Текст
                    НАРТЫ
ФАРНÆР


Хуыгаты Сергей НАРТЫ ФЛРНÆР Дзæуджыхьæу 2005
84- Осет Х-82 Хугаев С. X — 82 Нарты Фарнæг: Роман, радзырдтæ — Дзæуджы- хъæу: Ир, 2005-447 ф. Хугаев С.З. Нарт Фарнаг Главный герой романа Фарнаг — единственный нз нартов, кто считает, что лучшим средством для достижения взаимопонимания между народами является слово, равного которому оружия в при- роде не существует. Вошедшие также в кпигу рассказы отображают иелегкую жизнь наших современников. 840сет © Хугаев С.З., 2005 ©Чеджемты Г.З.,оформление, 2005 у 4720400000-15 „ - М131(03)-05 *'о;> 15ВЫ-5-7534-0191-0
Нарты Фарнæг Роман 1 /^Г\ æдис фæцыди бонрæфты,Борæйы бæласæн йæ ^^ аууон йæ бынæй нæма фæиртæсти,афтæ. Еухæ- рæн йе ’фсымæр Еугуыппы чындз дыууæ зæ- рондæн сихор схаста. Уыдон фæйнæ къуымæ- лы къусы бануæзтой æмæ сæ галыцыхты къус- тыл багуыбыр сты. Чындз сæ уæлхъус лæууыд, йæ иу къухы — къуымæлы дурын, иннæ къухы — къус, афтæмæй, æмæ уырдыгæй,зæрæдты цу- рæй, йæ цæст æрхæцыди Уæны фæндырыл — уартæ, бæласы аууон кæуылты ’рзылди, уыцы ран лæууыди дæлгоммæ фæлдæхтæй, лæппуйы хуызæн зынди — цыма гыццыл лæппу,бæгъ- нæг лæппу, йæ мады фæдыл фæцæйзгъордта, фæкалди æмæ дæлгоммæ хаудæй баззади зæх- хыл. Чындзæн йæ цæстытæ фæхъоппæг сты — Уæн кæм уа йæхæдæг! Уый дын, ис æмæ гæнæнæй, йæ фæндыр зæхмæ æруадза! Зæрæдтæм куыд сдзырдтаид уайсадæг чындз! Йæ дурын æмæ къус нæууыл авæрдта. Бауади фæндырмæ, фел- вæста йæ æмæ йæ лæгтæм æрбадавта. Лæгтæ се ’ууилын фæуагътой, уый фæстæ фыццаг фæндырмæ баззадысты кæсгæйæ, стæй — сæ кæрæдзимæ. — Фесæфти Уæн! — йæ ныхас йæ комдзагау йæ хъуыры фæцæйбадти Хуройæн. — Уæд, туг ныууарыд йæ мæгуыр хæдзарыл, æмæ уый зæгьай! — Еухæрæн, йæ къæбæр йæ къусмæ куыд ныццæйхаста, афтæ йæ къухы аз-
6 Хуыгаты Сергей зади къæбæр, стæй феуæгъд и йæ къухæй æмæ галыцыхты мидæг ныссагъд. Йæхæдæг йæ къух фæндырмæ бадардта Еухæр. — Гæр, æмæ абондæргъы мах куырм баистæм, ма- хæй йæ куыд ничи федта! — Мах ма кæсынтæ ’мæ уынынтæн куы уаиккам, уæд мæгуыр нæ уаиккам, — ныууынæргъыдта Хуро. Чындз къухæй ацамыдта — хъæумæ фехъусын кæна, æмæ йæм лæгтæ сæ сæртæ уæззау банкъуыстой. Уайтагъд базмæлыди Борæты хъæу. Хабар-иу цы хы- дзармæ фæхæццæ, уымæн-иу йæ дуæрттæ тыгьдæй аззадыс- ты. Æмæ-иу тыгьд дуары разæй фæцыди хъæр,æмæ-иу хъæр- мæ фегом иннæ хæдзары дуар. Æмæ хъæры бын фæци хъæу: — Цы, дам, цы?! — Йæ фæндыр! — Борæйы бæласы бын! Тахтысты уыцы хъæртæ — цыбыр æмæ уæззау хъæртæ. Дуæрттæ сæм æхгæдæй лæууын нæ фæрæзтой. Стæй иууыл- дæр байтыгъд сты дуæрттæ, æмæ, Дзыхыдонæй Борæйы бæласырдæм цы тæссар ссæуæн уыд, ууыл адаргъ и уæлæмæ фæдис. Бынаты бæх кæмæ разынд, уый йыл абадт, иннæтæ фистæгæй згъордтой бæхджынты ’хсæнты. Бæласы бын аразил-базил кодтой уыцы æмгуппарæй, стæй айгуырты фæндагмæ бакаддысты æмæ йыл агуыяф кодтой бæхджынæй- фистæгæй. Лæппутæ, фæдисы цæуынхъом чи нæма уыд, уыдон иу-цалдæрæй уым баззадысты, бæласы бын. Хуро æмæ Еухæрæн сæ къустæ æрдæгхæрдæй лæу- уыдысты, сæ астæу — чъецийыл фых еууы кæрдзыны къæ- бæртæ, гыццыл æддæдæр къуымæлы дурын æмæ къус. Цæст сæм æнæуи дæр бакæсын нæ уарзта, фæлæ, Еухæры къусы кæрдзыны къæбæр сагъдæй кæй баззад, уымæй бынтон уазал кодта зæрдæ. Сæ лæдзджыты ’нцæйтты азылдысты Хуро æмæ Еухæр бæласы бын æмæ йæ иннæ фарс æрлæууыдысты бæла- сæн. Гуыбырæй кастысты фæдисы фæстæ, цалынмæ сæм зынди фæдис, уæдмæ. Стæй, кæм лæууыдысты, уым æрбадтысты ныхæй-ныхмæ, се ’ргæмттæ фæдисырдæм нæ, фæлæ кæрæдзимæ æмæ кæрæдзийы уæхсчыты сæрты кастысты кæдæмдæр æнæ хъыпп-æнæ сыппæй. Фыццаг базмæлыд Еухæр — йæ къухыл схæцыд æмæ йæ йæ уæрагыл æрæппæрста.
Нарты Фарнæг 7 — Уæд нын нæ тæригъæд куы бахæрид, ацы бæлас ацы ран цыдæриддæр бардуаджы зондæй арæзт æрцыди, уый! — стæй йæ хъæлæс æрхауд, афтæмæй ма бафтыдта йæ ны- хасмæ: — Æниу æм цæмæ хъуыста Борæ дæр! Тала дæ къухы бафтыд æмæ йæ, кæм дæ фæнды, уым ныццараз. Фæстæмæ йын æй исгæ кодтаид уый тыххæй! Гъеныр нын далæ хъугомы куы уаид ацы бæлас, уæд мæгуыр уаиккам! Къæсæрæй дуармæ уаид — рацу ’мæ бад йæ быны. Æмæ кæм и ай хуызæн бæлас! Тархъæнджын йæ бынмæ æрба- ирвæзæд, уыййеддæмæ фегом вæййынц йæ улæфæнтæ æмæ ’рцæры. Ардæм та — æнæхъæн бонцау, уымæй дæр — хæрд, æмæ нæ туг нæ хъæлæсæй акæлы. Хуро йæм хъуыста, дзургæ ницы кодта, нæ йæм цыд дзурын æмæ та уæд йæхæдæг байдыдта Еухæр: — Æртæ нарты, дам, æм куыд зыной æмæ чынтæ но- джы. Цы ма мæ хъæуы, кæд æм зынынц æртæ нарты ’мæ чынтæ, уæд! Мах уыдонмæ кæсыныл фæвæййæм, уыцы дзæбæх зынынц ардæм æмæ — цы нæхи хъæутæ, цы чын- ты хъæу. Уыдон нæм фæстæты æрбахъуызынц æмæ нын нæ артыл дон ауадзынц. Алы ’мæ алыхатт. Де ’дде йын кæд барæй афтæ бакодта, уæддæр æй, ацу æмæ ды базон — ома, сæ уадз æмæ хъыгдарой! Цæвой сæ, ома, фæсте. Бар- дуæгтæн дæр се ’ппæтыл æууæнк кæм и! Раджы уыди уый, тынг раджы. Борæ ма йæ тæккæ лæп- пуйыл уыд. Иухатт цуаны фæцыди Талмыхъæдмæ. Бон- изæрмæ фæрахау-бахау кодта, æмæ сæныччы хъус дæр иæ бафтыд йæ къухы. Фæллад æмæ стонгæй йе ’хсæв иу сусхъæд бæласы бынмæ æрхаста. Сусхъæдæн йæ дæлба- зыртæй мыд тагъд, æмæ мыды тæф фæрсудзæнтæ кодта фæйнæрдæм. Борæйæн йæ фæллад айсæфт, йе ’ххормаг айрох æмæ загъта, бæласмæ уæлæмæ каст, афтæмæй: — Тæхуды, иу ахæм бæлас кæй уæзæгыл æрзайы! Уый фæстæ уайтагъд афынæй и Борæ, æмæ йæм фыны иу урсбоцъо лæг фæзынд — йæ къæдз лæдзæджы ’нцой æрлæууыди йæ разы æмæ йæм дзуры Борæмæ: — Талмыхъæд кæм фæвæййы, уым сау айнæджы дæл- лагхъуыр сау суадон абузы. Суадоны дон-дон ацу, æмæ, йæ дон кæм байсыса, раст уыцы ран зайы а бæласы мыггагæй тала. Æцæг æй хъуамæ ахæм ран ныссадзай, æртæ нартæ æмæ чынтæ кæдæм зыной.
8 Хуыгаты Сергей Æрыхъал Борæ æмæ скуывта: — Цы зæд-цы дуаг дæ, табу дын уæд! Зыдта ахæм бынат Борæ нарты цæгаты, Дзыхыдонæй йæм цы æртæ суанджы ссæуы, уыдонæй астæуккагæн йæ тæккæ сæр нæ, фæлæ йæ сæрæй æртæ бæндæны бæрц дæлдæр куы æрлæууай, уæд дæм армытъæпæныл æвæрдау зындзысты æртæ нарты дæр æмæ чынтæ дæр. Фæлæ тæс- саг ран уыди уыцы ран æнæуи — сæ тæккæ ’рбаныдзæ- вæн уыди айгуыртæн. Æмæ ныссагъæс кодта Борæ — цы чындæуа? Фыдбылызæн куы фæуа бæлас нартæн! Арæдзæ-мæдзæ кодта Борæ, йæ цæстытæ дæр авæрдта кæрæдзийыл æмæ та мæнæ уыцы лæг — лæууы йæ разы Бо- рæйæн, йæ лæдзæджы къæдзыл æрæвæрдта йæ æрмттæй иу иннæуыл æмæ йæм дзуры Борæ: — Бæргæ зонын ахæм ран нарты цæгаты, фæлæ тæссаг рану. — Цæмæй у тæссаг ран? — фæрсы йæ лæг. — Цæмæй, куы зæгъай, уæд сæ тæккæ ’рбаныдзæвæн у айгуыртæн. Айгуыртæ та махæн не знæгтæ сты. Айгуы- рон лæг æнæуи дæр фæсте хъавы лæгмæ, мах та сæм нæ фæсонтæ сыздахæм?! — Дæ бонæй уай, нарты хорз Борæ! — бахудти лæг. — Ахæм ран кæм и зæххыл, æмæ дзы лæгæн йе ’ргомæн хъарм уа, йæ фæсонтæн — æдас? Æз никуы зонын ахæм ран. — Уæд фæлтау ахæм ран равзарæм, æмæ йæ фæсонтæн æдас куыд уа лæгæн. Кæннод фæсонтæй мард æгады мард у нартæм. — Афтæ гæнæн нæй. Лæгæн йе ’ргом хъуамæ йæ арт- дзæстмæ здæхт уа. Кæннод ныххорз уыдзæи йæ артдзæс- ты йæ зынг. — Нæ зонын, Хуыцауыстæн, — нæ разы кодта Борæ. — Де ’ргом дæ артдзæстмæ сыздах, дæ фæсонтæ та де зна- джы бар бакæн! — Афтæ, афтæ, — баразæнгард и лæг, — стæй де ’ргом куы бахъарм уа дæ артмæ, уæд æй аздах хъармæй де знагмæ, йæхи хъарм кæныныл æм куыд фæуа де знаг де ’ргоммæ. Артмæ та дæ фæсонтæ аздах. Сымах афтæ кæнын нæ зонут, нартæ. Сымахæн уе ’ргом куы бахъарм вæййы, уæд æй уе знагмæ нæ аздахут, фæлæ фæстæдæр абадут, афтæ уæм фæзыпы: ныр никуыуал æруазал уыдзысты уе ’ргæмттæ...
Нарты Фарнæг 9 Цыдæр дæлгоммæ ныхæсты хуызæн зындысты Борæмæ лæджы ныхæстæ, фæлæ йæм дзурын ницуал сфæрæзта. Æмæ ацы ран ныццарæзта тала. Стæй ма дзы иу диссагыл фæхæст — цæвиттон, тала кæм зади, уыцы зæхх хуырджын уыд. Æмæ йæ арцæй къахта Борæ. Афтæмæй дзы иу ран дур куы разынид. Куыдцæр ыл арцы фындз сæмбæдд дурыл, афтæ цæхæртæ куы акалид дур. Уæд Борæ бавдæлд æмæ скъахта дур дæр, йе уæхскыл æй сæхимæ æрхаста æмæ йæ уæлкъæсæр сисы самадта, йæ быны та йын æрттигътæ бакодта. Цæхæртæ калдтой æрттигътæ ’мæ дур. Йæ бацæуæнтæ рухс дардтой Борæйæн, æмæ зыдта Борæ уыцы рухсмæ, чи йæм æрбацæуы, уый дæр æмæ йæм цы зæрдæйæ ’рбацæуы, уый дæр. Бирæ фæрухс кодта уыцы дур, цалынмæ æрттигъты удыртау уыди, уæдмæ. Стæй æрмынæг йæ рухс, ахуыссыд, æмæ æрталынг сты йе ’рбацæуæнтæ Борæйæн. Уый æрæджиау уыд, Борæ куы фæзæронд и, уæд. Хуро йæ тæнæг арм йæ даргъ боцъомæ бахаста æмæ йæ дæлæмæ фæхæцфæхæцгæнгæ æруагъта боцъойыл, цыма фæндыр уыди йæ боцъо æмæ йын йæ амонæнтæ агуырдта. Рæстæгæй- рæстæгмæ-иу арф ныуулæфыд, йæ тæнæг фæлурс былтæ-иу кæрæдзийæ фæиртæстысты, йæ риуы фæйнæг-иу размæ рахæцыд, æмæ-иу йæ риуæй æнахуыр æнæуд æхситт сыхъуысти. Еухæр — дæлтъурарæзт, стыр, йæ сау арм куыройы фар- чы хуызæн йе ’рфыджы сæрмæ схаста æмæ йæ уæхсчы сæр- ты касти, фæдис кæдæм ацыд, уыцырдæм. Йæ цæстытæ — тугбадт, æрдæгцъынд, æмæ афтæ зынд: æнæуи дары йæ цæ- стытæ уыцырдæм, кæсгæ йе стыр гуыбыр фындзмæ кæны — йæ фындз стыр уыди ’мæ гуыбыр, æмæ йæ цæсгом иууылдæр гуыбыр зынд, фысы цæсгомы хуызæн. Иуцасдæр афтæ куы фæкасти, уæд æм йе ’фсымæры лæппу, фыййау цæуынхъом чи фæци, ахæм, æввахс-æввахс йæхи байста æмæ йæм ба- дзырдта: — Еухæр, уо Еухæр, афтæ цæмæн кæсыс? Еухæр æм йæ хъус не ’рдардта, æмæ та йæм уæд нæуæгæй бадзырдта лæппу: — Афтæ цæмæи кæсыс, уо Еухæр? Уый та йæм уæддæр ницы сдзырдта. Уæд ын йæ дысмæ бавнæлдта лæппу æмæ йын йæхимæ ’рбахæцыд йæ дысыл.
10 Хуыгаты Сергей Еухæрæн йæ арм æрхауд йе ’рфыджы сæрæй, цыма йын уым истæуыл хæцыд æмæ йын уæгъд фæци, уыйау, æмæ йæ цæстытæ сзылдта лæппумæ. — Галиудзавд дæ Хуыцау макуы фæкæнæд, куы ма мæ ныууадзай, уæд! — Гъомæ афтæ цæмæн кæсыс? — Уæдæ мæ куыд кæсын кæныс, мæ уд? — Размæ сбад æмæ размæ кæсай. Кæннæуæд ды бадгæ иуырдæм кæныс, кæсгæ та иннæрдæм кæныс. — Размæ кæсай! — загъта хъæрæй Еухæр. — Бæргæ, лæджы размæ кæсын йеддæмæ куы ницы хъæуид. Фæлæ йæм, кæцæй цы кæсы, уый нæ зоны, нæ. Æмæ алырдæм уымæн кæсы. Лæппу къулбæрзæйæ лæууыд æмæ хъуыды кодта — нæ йæ бамбæрста Еухæр. Уый йын, цæмæй фæдисы фæстæ комкоммæ кæса, уый тыххæй загъта. Æмæ, дам, кæцæй цы кæсы лæгмæ, уый, дам, нæ зоны. Уæддæр йæм ницуал сдзырдта лæппу. — Цы уыдзæн нæ фæстаг — уыцы мæт мын ме ’хсæв хуыссæг байста. — Хуройæн йæ арм йæ боцъойæ фæхи- цæн æмæ хъилæй аззад — тæнæг арм, бæлоны базыры хуызæн. — Хуыцаумæ дæр рæстытæ нæй, фæлæ мæ ныууадз Хуыцауæй дæр. Уæдæ йын мах нæ уд нывонд кæнæм, нæ хуссары хуымты хорæй йæм кувгæ кæнæм, уый нæм кæмдæр чъылдымыздæхтæй бады! Æмæ нывонд кæнын дæр чи нæ зоны, кувинаг кæнын дæр æмæ кувын дæр, уыдонæн хуыздæр ахъаз у махæй. — Хуыцауæн дæр йæ бон ницуал у, ахæм рæстæджытæ скодта ’мæ... — Гъомæ, кæд йæ бон ницуал у, уæд та нын æй æмбарын бакæнæд: афтæ-афтæ, мæнæн мæ бон ницуал у, æмæ уæ йæ сæрæн, кæмæн цы хуыздæр хос и, уый кæнæд. Уæдæ мах уымæй аргъуц кæнæм, уыййеддæмæ æндæр ницы, фæлæ мæлын дæр нал зонæм! Æмæ нæртон лæджы хуызæн чи зыдта мæлын та?! — Еухæр йæ къух йе ’рфыджы сæ- рæй йæ цæстмæ æруагъта æмæ дзы асхъаудта йæ цæст. Къух стыр уыд, нæ арæхсти цæсты къуырфмæ, æмæ афтæ зынд, цыма исты надта йæ цæсты къуырфы. — Нæ, адоны Хуыцау сфæлдыстаид, уый мæ ницæй тыххæй бауырндзæн.
Нарты Фарнæг 11 Адон сæхæдæг равзæрдысты, мæнæ фаджысгæрæтты къуы- дыркæлмытæ æмæ зулчъытæ-йедтæ куыд равзæрынц, афтæ. Æндæр сæм Хуыцауæн нæдæр йе ’рмдзæфæй исты фæ- хæццæ и, нæдæр йæ комы тæфæй. — Бадти, мæгуыр, ам, æвæццæгæн, æмæ йæ мæгуыр, йæ рынчын уды катæйттæ цагъта йæ фæндырыл. Уæд уымæ бахъуыз фæстæты, цæгъдгæ-цæгъдын æй æрцахс. Нæ — ахæм адæм хъуамæ аскъуыиккой, змæлæг сæ хъуамæ ма- уал баззаид! — Хуройæн йæ цæстытæ базмæлыдысты, йæ къух дæр та хъилæй аззад. — Давын æмæ марын — Хуы- цауы бын æндæр мацы базонай, Хуыцауы бын цæрай æмæ! — Уыдон давын дæр нæ зонынц æмæ марын дæр, кæд мæ фæрсыс, уæд! Лæгæн йæ разы бабаддзынæ, афтæмæй дæм, йæ чъылдым кæд разындзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсдзы- нæ — уый марын зонын хуыйны! Нæ, уый сусæгæй хæцын хуыйны. Æвзæр куыдзы æгъдау у уый. Хуро та йæ боцъомæ бавнæлдта, фæлæ йыл йæ къух дæлæмæ не ’руагъта, хæцыди йыл йæ ризгæ уырзтæй са- быр æмæ афтæ зынди — ард хæры йæ боцъойæ. — Лæгæн æгæр куы бацайдагъ вæййы цæрын, уæд ахæм дудгæбæттæ æййафы йæ сæр, гъе! Цæмæн мæ бахъуыд мæн айбæрц цард! Цæмæннæ аскъуыйы мæ уд, гыццыл йеддæмæ куы нæуал хæцы, уæд?! Цæмæн æрæййæфтон нартыбæстæ афтæ сыгъд æмæ уырыдæй — мæрдтæм мæ куы ницы фæхæццæ уыдзæн, уый мæтæй, уæд! Цы уыдыстæм æмæ цæмæ æрхаудтам! Нæ карды ’хситмæ донзоныг кодтой не знæгтæ. Нæ лæгрæгьау-иу куы фæцæйцыди стæры, уæд-иу йæ быны зæхх рызти, йæ комы тæф-иу мигъау бадт йæ сæр- мæ. Цы зæххыты хицау уыдыстæм æмæ сæ куыд сафтид стæм, куы! Кæй дзы хаццон лæвæрдтам — стæй дугтæ куыд цыдысты, афтæ рох кодта хъуыддаг, æмæ сын задысты лæвар, кæуыл та дзы, кæм цы æзæхх, æгъæдзар адæм уыд, уыдоны æрцæрын кодтам — тæригъæд, дам, сты. Цыдæр стырзæрдæ ныл бафтыди æмæ тæрсын — нæ мыггаг нын скъуындзæн. Уæдæ, дæ кард ратт, кæд æнæратгæ нæ фæразыс цæрын, уæд, дæ бæх, дæ цирхъ, дæ уарт. Фæлæ дæ зæхх кæдæм дæттыс — дæ фыдæлты уæлмæрд кæм и, дæ уидæгтæ кæм ацыдысты, уыцы зæхх! Дæ уидæгтæ кæй бахъуыдысты, сыскъуындзæн дын сæ исчи æмæ дыл дзой- дзой æмæ дзедзылой бафтдзæн, нал цæрын фæраздзынæ,
12 Хуыгапгы Сергей нал — мæлын. Æнæ уидаг цæрæн дæр нæй, мæлæн дæр. Æмæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уый та дын — рæхуыст! Ныр нæ сæ чи йæ зæвæтæй риуыгъы, чи нæ сæ армаццагæй цæвы. Нæ, нæ, хæрзгæнæг хорз нæма ссардта зæххыл. А гуыйгуынтыл та бынтон нал и цæсгом. Нæ хистæр уæд Æфсадæг уыд, нæ дзурæг, уый сæ ’рбауагъта нæ зæхмæ — фæтæригъæд сын кодта, фæйнæрдыгæй сæ тыдтой æмæ ’взыдтой сæ алыварс цæрджытæ. Фыдзонд уыдысты ’мæ фыддзæрин, æндæр сæм бирæгъдзарм куы нæ ’рхастой, мыййаг! Æмæ ууыл та куыд нæ ахъуыды кодта Æфсадæг, ууыл?! Æрлыг сын кодта уыцы туджы бонгæнды хуызæн тъæпæнтæ æмæ, дам, ам цæрут! Ныр рацæй-рабон æмæ ралæгтæ сты, цæй зæхх, дам, цæ! Æмæ, дам, уæхæдæг дæр мах зæххыл куы цæрут. Афтæмæй ма æрæджыйы онг дæр се ’вдисæн Бæртæлæгмæ уыд уартæ — тохси, галы тохси, æмæ йыл гакк-уыгард, уыдоны, гуыйгуынты дзурæг лæджы къухæй, куыд ацы æмæ ацы зæххытæ сты нарты æмæ сыл гуыйгуынтæ сты рæстæгмæ цæрæг. Тохси Борæмæ æрхæццæ, æмæ йæ Борæ гуымиртæ йæм куы æрбацæйбырстой, æмæ йе ’нхъæлцау чындзы — Арвычызджы — Бæртæлæгмæ куы кодта, уæд йемæ ахаста, гуымирты къухы куыд нæ бафта. Чындз дæр уым баззад, тохси дæр. Гуыргæ дæр уым куы ракодтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, Бæртæлæджы хæдзары. Ныр Бæртæлæг нал и. Тохси, чи зоны, ’мæ искуы рахау-бахау кæпы къуымты, фæлæ кæй хъæуы, агурæг æй чи и?! Йе, чи зоны, исты хуызы сæ къухы дæр бафтыд адонæн, гуыйгуынтæй зæгъын. Ахæм митæм арæхсынц, стæй — дзæбæх. Уæ цард, дам, махты царды хуызæн нæу — фæйнæрдыгæй нæм агъуыд куыйты хæпп кæнынц. Æмæ цæмæн хъуамæ уа искæй царды нывæн нæ цард?! Йæхи нывæн цæй тыххæй ма уа хъуамæ?! Куыд хъуамæ хæрæм айгуыртау лæджы туг! Цæмæн сæрдæм гуыйгуынтау зæронд фæхсын-сæрдæнæй нæ буар, ай нæ дон ласгæ куы кæны, дæхи ныннай æмæ уа! Цæмæинæ дæйæм хъуджы фæдджытæ рæуæдау! Куыд сæ дæйæм — рæуæдтæ ие стæм мах, лæгтæ стæм! — Хуро дзурынæй бафæллад, æрлæууыд æмæ уæззау улæфыд... Еухæр йæ арм фæуæлгом кодта уæд. — Хъæддаг сырдтæм дæр ахæм æгъдау иæй — кæрæдзийы туг уыдон дæр нæ хæрынц. Уæд адон лæджы тугмæ куыд
Нарты Фарнæг 13 æмхиц сты — уо стыр Хуыцау, ды мацы кæн лæгæн! Стæй алкæй тугмæ афтæ æмхиц не сты. Мах туг сын æндæр ад кæны, нæртон туг, æвæццæгæн, сыгъдæгдæр у, сырхдæр. — Еухæр ныггуыбыр дзургæ-дзурын, зæронд фæрвæн йæ къалиутæ куыд æрызгъæлынц, йæ зæнг ма куы баззайы, æрхджын æмæ бызычъиджын зæнг, уый хуызæн уыди. — Кæд, мыййаг, фæлмæнвад кæнын байдыдтам — уымæй тынг- дæр ницæмæй тæрсын, фæлмæнвадæй. Мæ фыдзæрдæйы кæстæртæ ма фæлмæнвад цæуой! Уый дардмæ зыны — йæ фæлмæнвад лæгæн, æмæ йæм алчи аздухы йæ рихи, ба- гъæц, ома, ныр. Сылыстæгæн бæззы йæ фæлмæнвад. А нæ- лыстæг та хъуамæ хъæбæрвад уа, хъæбæрвад! Дæ сыхаг чи у, де ’мвынгон æмсыхаг, уый дæр дын дæ фæлмæнвад ба- зыдта — дæ фынгыл дын йæхирдæм ахæц-ахæц райдай- дзæн. — Еухæр та йæ къух авæрдта йе ’рфыджы сæр æмæ та йе уæхсчы сæрты акасти. Афтæ уыди йæ ахуыр — къухау- уонæй кæсын, уыййеддæмæ бæласы бын аууон уыди, къухау- уон ма дзы цæмæн хъуыд?! — Æмæ мах афтæ фæлмæнвад нæ уыдыстæм. Мах-иу сын сæ хъулмæ тохси базыв-зыв код- там, бæргæ. Иухатт мын дыууæйæ мæ сырдыл куы æрдау кодтой, мах, дам, æй амардтам — никуы дын æй радзырд- тон? Нæ дын æй радзырдтаин, нæ, æз дзурæгтæ нæ уыд- тæн. Ныр сфæвд кодтон — радтон сын æй, æз та амардзынæн. Стæй йæм бирæгъы лæбурд куы райдыдтой, йе стигъынмæ дæр ын куынæуал лæууыдысты, афтæмæй йын йæ раз- заг хуылфыдзаума куы фегом кодтой, уæд мæхиуыл ма стыфылтæ калон — цæмæн сын æй дæттын ай, цъитийы хуызæн саджы мард?! Цы хæсджын сæ дæн! Февнæлдтон дын сæм. Сæ иу, кусартмæ куыд ныггуыбыр, афтæмæй йæ рацахстон, фелвæстон æй, йæ сæр мын уырдыгмæ фæци, фæлæ, айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, мæнæ мих куыд ныццæвай зæххы, афтæ йæ ныццавтон. Бынат хъæдбын уыд æмæ фæлмæн разынд — раст дзы йæ уæхсчытæм агæпп кодта. Йæ къæхтæ ма батылдта, стæй æрдыдæгътæ сты йæ къæхтæ. Иннæ уый куы ауыдта, уæд лидзынмæ ма фæуа! Ныр æз дугъ кæнынмæ куыд уыдтæн, уый ма хъуыды кæндзынæ — байраг мæ не ’ййæфта, ^æнæрдызт байраг! Æмæ мын æй цы рацахсын хъуыди! Йæ бæрзæйæн ын тымбыл къухæй иу февæрдтон æмæ ма йæ дзых дыууæ хæлиуы фæкодта. Уæдæ ма сæм исчи акæсæд — куыйты хуызæттæ!
14 Хуыгаты Сергей — Æз уый зонын, æмæ ай хорзæн нæу, адон нæ алы- варс кæй æрхъула сты, уый. Иууылдæр нæ сæфтмæ бæл- лынц, райсом нæ фæздæг куы нæуал ссæуид, уæд кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг згъориккой. Цы сын ракодтам æвзæрæй? Кæмæн сæ бацыдыстæм йæ хъыджы? Ныр нæ азар сæ фæдыл куы бафта хоры азарау, уæд сын нæ хъæуы! — Æрбацæуынц! — чидæр хъæрæй загъта лæппутæй. Уæдмæ бæласы æдде æргæппытæ кодтой бæхджынтæ сæ бæхтæй, сæ гыбар-гыбур æрбайхъуыст. Бæхты уым фæуагътой, сæхæдæг хистæртæм бараст сты. Разæй Са- гахс, йæ къухы фæндыры æрдынæг. — Ницы? — уæлæмæ скаст Сагахсмæ Хуро. — Ницы, — гуыбырæй æрлæууыди Сагахс йæ разы. — Мæнæ йын йæ фæндыры æрдынæг ссардтам, — бадардта Хуромæ æрдынæг Сагахс. Дыууæ къухæй йыл хæцыди, кардыл куыд фæхæцынц, афтæ. — Кæм уыди? — райста æрдынæг Хуро. — Айгуырты фæндагыл, иу дуры рæбын. — Нæ кæсут, нæ! Йæ къухы йæ ахаста æмæ йæ уым аппæрста. Ома, ам дæн, ам мæ агурут. — Гæр æмæ судзин нæу уый æмæ йын æй йе йæ къу- хы нæ федтаиккой, йе йæ куыд æппæрста, уый нæ ба- зыдтаиккой?! Куырм уыдысты, саугуырм сæ бакæной нæ бæсты дзуæрттæ! — йæ къух æрдынæгмæ бадардта, аф- тæмæй хъæрæй загъта Еухæр. — Уыдоны уыдæтты мæт нал вæййы, — гыццыл фæ- стæдæр алæууыд Сагахс. — Нæртон лæг сæм бафтæд, æндæр налдæр хъусгæ фæкæнынц, налдæр — уынгæ. Сæ комыфынк акæлы, — гыццыл гуыбырæй алæууыд Сагахс, стæй йе уæнгтыл схæцыд. — Уæдæ цы ми кæнæм, цы нын зæгъут? — Фæлæуут, мæ уд, — æрдынæг йæ иу къухæй иннæ къухмæ айста Хуро. — Хъуыддагæн йæ рахæцæн уынаффæ у. Æрбамбырд уой нæ дзурджытæ. Нæ Фарнæг йæхæдæг зыны, нæ Сосланыл хæцы мæ цæст. Уырызмæг дæр та бынаты куы нæ и, æнхъæлдæн. — Уырызмæг балцы и. Сослан знон быгъдуаны хъомгæс уыд, Хъобайы уæнгуытæ йын фесæфтысты, далæ чынты Хъоёайы, æмæ уыдон агурынмæ фæцыд. — Гæр, æмæ йын кæдæм сæфтысты кæйдæр уæнгуытæ,
Нарты Фарнæг 15 йæ цæстытæ хизынмæ уыдысты! Мæ фыдзæрдæйы дзырд- даг Хъобаимæ фæуа. Ме ’нæзонгæ у Хъоба?! — Къæвда дзы уыди знон Лæхъыбыдыры. — Æмæ ам æртах куы нæ æрхауди къуырийы дæргъы ныр. — Ардæм не ’рхæццæ и, ардæм ма йæ сыг æрхæццæ и изæрырдæм æрмæст. Фæлæ, дам, Лæхъыбыдыр лæмы бын фæци. — Уымæн нæ зонын. Æнæуи къæвдагæнаг у Лæхъыбыды- ры. Уас дзы мæ куыдз амæлæд. Иннæ рæтты зæххыл хур атулдзæн, уым хъуамæ арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойой. — Еухæр йæ нымæтхуд систа, йæ ныхы сæрмæ цы даргъ хилты бындзыг уыд, уый фæлдæхтæй лæууыд йæ лæгуын сæрыл. Еухæр ыл йæ уæззау арм æрхаста, размæ йæ рафæл- дахагау кодта, бындзыг æрдаргъ и, фындзы рæбынмæ æр- хæццæ æмæ йын йæ ных дыууæ дихы фæкодта. Хуро æрдынæджы тæгтыл йæ уырзтæ æруагъта, карды комыл куыд æруадзынц сæ уырзтæ, афтæ, стæй адзырдта лæппутæм: — Дæлæ ма мæм фæндыр æрбадæттæд уæ исчи. Сагахс æм радта фæндыр. Хуро та уый хъистыл дæр æруагъта йæ уырзтæ, стæй йæ сæр аракъул-бакъул кодта дыууæрдæм йæ уæхсчытыл, ауагъта æрдынæг фæндыры тæнтыл æмæ йе ’нкъард хъæ- лæсæй базарыд: Усе мсе бон — мсе зæрдæдарæн Нарты зæхх. Бонсей-бонмæ — кадавардæр, Кардыздæхт. Де знагсен йæ сыхаг йе знаг Басгуыха. Де знаг ксена знаг сыхагæй Мастыхай. Хьодыгонд цсемæн фæци Мсе сау бындар?! Кьуымыхаст фысæй куы уыди Сабырдæр. Фæндыры хъæлæстæй хицæн кодта Хуройы æрхæндæг хъæлæс. Уыцы æрхæндæгæй уæлæмæ цыд, сусхъæд гага- тæ дзæгæрæг сыгъд кодтой уыцы æрхæндæгæй, æмæ лæп- путæн сæ гуыбыр фæсонтыл згъæлдысты гагатæ.
16 Хуыгаты Сергей 2 Фарнæг тагъд кодта — афонмæ та Уæн йæ размæ ра- цыд, æмæ та йе знагæн йæ цæстытæ ныуурс сты æнхъæл- мæ кæсынæй. Уыцы æгъдау æм и: Фарнæг цуаны уæд, уыййеддæмæ, куыддæр хур акъул уа, афтæ хъуамæ Дзы- хыдоны былмæ æрцæуа æд фæндыр æмæ уым бада йе ’рцыдмæ. Йæхиуыл æй æгæр сахуыр кодта, сывæллоны куыд сахуыр кæнай, афтæ, цыма уый лæг у, Фарнæг, Уæн та — сывæллон. Афтæмæй фаззæттæ сты, Уастырджийы æхсæв райгуырдысты. Æнæуи æрæджиауы зæнæг уыдысты — Уæрхæг ма цæуæт ныккæндзæн, уый æнхъæл ын ничиуал уыди, афтæмæй йын райгуырдысты. Йæ хистæр фыртгæ — нарты фидауц — Æхсар æмæ Æхсæртæг куы бабын сты зæфцы фыдæй, уый фæстæ, бирæ фæстæдæр уымæй. Уæн гуыргæ дæр рынчынæй ракодта æмæ ’нæфæразгæ хас- та. Уыцы мæтъæлæй-иу бадтаид къонайы раз, кæнæ-иу дзедзылæйттæ кодтаид кæрты къуымты, æмæ-иу Фарнæгæн йæ зæрдæйы тугтæ ныттагъд уымæ кæсгæйæ. Уæддæр ма йæ уыцы амонд уыд, æмæ фæндырмæ адардта йæ зæрдæ. Уæдæй-уæдмæ йæ аразгæ фæкодта. Æмæ-иу уымæ чи нæ бакасти! Уыцы адæрсгæ йæм æвнæлдта, æмæ лæг загътаид, мæнæ нæ рауад йæ фæндыр, уæд бæстæ фесæфдзæн. Бон- изæрмæ-иу хор-дон ницæй тыххæй ауагътаид йæ хъуыры, æмæ дзы удæртау нал уыд. Стæй дзы цæгъдын байдыдта. Æмæ кæм фæзыны, уым ыл æмбырдтæ байдайынц чызгæй- лæппуйæ нарты фæсивæд. Лæппутæ бæрзонд схæцынц сæ- хиуыл йæ цагьдмæ, сæ сины сæртыл æрхæцынц, чызджытæ сæ цæстытæ зæхмæ æруадзынц æмæ, сæ зæрдæтæ фæндыры амонæнтимæ æмызмæлд куыд сисынц, уымæ фæхъусынц. Æмæ тагъд кодта Фарнæг. Сычъийы мард йе ’ккой, æмæ йæ быны дыз-дыз кæнынц йæ бæрзæйы нуæрттæ. Уæддæр ныфс уæлахиз кæны фæлладыл. Уарæхджы Хуыцау куы баххуыс кæнид Уæнæн, царæхджы ныххæццæ уа Дзыхы- донмæ! Æмæ та уым æрбаддзæн Уæны фарсмæ, æмæ та йын цæгъдынтæ сисдзæн Уæн æмæ та йæ фæлладæй йе уæнгты ницуал аззайдзæн. Уый фæстæ та йæ фæрсынтæ райдайдзæн йæ цуаны хабæрттæй Уæн — æмæ кæцы æфцæгыл цуан кодта,^æмæ куыд бамбæлди сырдыл, æмæ йын кæм ауади фат. Йæхæдæг цуаны никуы уыди Уæн,
Нарты Фарнæг 17 фæлæ зыдта бынæттæ — алы хатт фарста Фарнæджы уыцы бæстон, æмæ-иу ын Фарнæг дæр бæстон кодта йæ цуаны хабæрттæ. Мæнæ фæстаг фæуырдыггæнæн, бынæй Дзыхыдон йæ рæбыны. Иæхи ауагъта Фарнæг, донмæ куы ныххæццæ, уæддæр йæхи нал баурæдта æмæ, доны хуылфæй цы иугай дуртæ зынд, уыдоныл багæппытæ кодта. Уым æрлæууыд, доны фаллаг фарс, кæркмисындзæджы къутæрты кæрон. Йæ уæззау улæфт баурæдта æмæ байхъуыста, сычъийы мард йæ бæрзæйыл æрдыдагъ, афтæмæй. Хъуыста, фæлæ йæм ницы хъуыст — нæдæр йæхи змæлд Уæнæн, нæдæр йæ фæндыры улæфт. — Уæн, кæм дæ? — адзырдта къутæрты сæрты æмæ байхъуыста, фæлæ йæм, йæхи хъæлæс цы ’рбайхъуысти фæстæмæ, æндæр дзуапдæггæг нæ уыди. Æмæ уæд дзæбæх ахъæр кодта: — Кæм дæ, кæ, Уæн?! Кæд æмбæхсгæ акодта искуы къутæрты ’хсæн. Афтæ )дæр фæкæны, Фарнæг кæй æрыздæхт, уыцы цин цæмæй »адаргъ кæна, уый тыххæй. Æмæ æрæгмæ рахизы уæд йе 1 ’мбæхсæнæй. Фарнæг ма йыл дис дæр бакæны. Уæдæ йе ’рыздæхынмæ æрхъæцмæ ма хъæцай æмæ уæдæй-уæдмæ * ма рахизай де ’мбæхсæнæй! Фæлæ йын уæд фылдæр ахæссы 1 уыцы цин. Æмæ уымæн афтæ фæкæны. Афæнд кодта ^Фарнæг — йæ сырд æрæвæра зæххыл æмæ йæ рацагура къутæрты ’хсæн, ссара йæ. О, куыд цин кæндзæн, куы, Уæн, куы йæ ссара, уæд! Фæлæ уымæй ныфсытæ æвæрд- та йæхицæн, æндæр æй йæ зæрдæ базыдта — цыдæр фыдбылыз æрцыди. Лæууыди ’мæ, йæ уæрджытæ йæ быны куыд рызтысты, уый дзæбæх æмбæрста. Уæддæр афæнд кодта — бамбырд кæна йæ тыхтæ æмæ ма йæм иу хъæр ныккæна Уæнмæ. Йæ хъæр нæ фехъуыста, фæлæ йæм къутæрты ’хсæнæй рацыд иу æндæрг, æмæ йæ размæ фæцудыдта æндæргæн Фарнæг. — Уæны ма агур, Фарнæг. Уæн дæ размæ нæ рацæудзæни абон, — дзуры æндæрг Сагахсы хъæлæсæй. Фарнæг та фæцудыдта. Уæд ын æндæрг йе ’ккойæ сычъийы мард райста, йæхи æккой йæ бакодта, стæй йын йæ уæхскмæ бавнæлдта æмæ йын фидар ныххæцыд йæ уæхскыл, куыднæуал фæцуда, афтæ. Фарнæг ын йæ цон- гыл йæ къух æрæвæрдта Сагахсæн. 2 Хуыгаты Ссргсй
18 Хуыгаты Сергей — Уæн нарты бæсты нæй, — дзуры Сагахс, йæ ныхæстæн сæ хус зыланг цæуы. — Кæм и уæдæ?! — Кæм и, уый бæлвырд ничи зоны. Борæйы бæласы бын ын йæ фæндыр ссардтой, айгуырты фæндагыл— йæ æрдынæг йæ фæндырæн. — Цафон уыд уый? — Бонрæфты. Æндæр æй ницæмæйуал бафарста Фарнæг Сагахсы æмæ яæууыдысты. Æмæ улæфыдысты, афтæ улæфыдысты, цыма ныхас кодтой: сæ иу-иу сулæфыд, стæй-иу сулæфыд иннæ дæр. Æмæсæмдзæбæххъуыст кæрæдзийы улæфт. ÆрæджиауФар- нæг арф ныуулæфыд, æмæ Сагахсæн нал райхъуыст йæ улæфт. — Ды ацу, Сагахс, сырд бауæларт кæнут. Æз ам гыц- цыл абадон. — Абад, — æвæндонæй сразы Сагахс. — Æцæг дын амонын ницы хъæуы, фæлæ дæ зæрдæмæ æгæр ма ныхъ- хъус, фæстиат дæр ма бакæн æгæр — абондæргъы дæр дæумæ кæсынц хистæртæ. Сагахс ацыд. Фарнæг ма гыццыл алæууыд, стæй бацыд æмæ, къутæры хъæбысы цы дæргъæццон дур уыд, Уæни- мæ-иу фæрсæй-фæрстæм кæуыл бадтысты, ууыл æрбадт. Æмæ йæм уыцы уысм сыхъуысти Уæны фæндыры цагъд — зырзыргæнгæ растади къутæры хъæбысæй æмæ йæ алы- варс æрзылди Фарнæгæн. Фарнæг æм хъусгæ баззад, æмæ йын тас йæ зæрдæ æлхысчъытæ кодта — куы фæуа, куы байсыса, кæнæ æндæр исчердæм куы ауылæн кæна, æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. Æмæ зылди йæ алыварс уыцы фæлмæн цагъд зырзыргæнгæ æмæ йын йæ фæллад сæфта. Æмæ уæд цæуыныл фæци — исдуг Борæйы бæласы бын балæууыд, стæй арæны Хъилдуры цур, уый фæстæ — Айгу ыртыбæсты. Уæддæр цуаны уыд Фарнæг — цуаны цæуынхъом уæд фæци нырма — æмæ айгуырты зæхмæ бафтыд. Кæсы, æмæ иу тъæ- пæн лæгуыны айгуырты лæппутæ хъуццыты дæйынц — сæ зонгуытыл æрлæууыдысты хъуццыты бын æмæ гъæйттæй хъуыррытт кæнынц æмæ сæ донгæмттæй кæлы æхсыр, сæ тæрттæ дзы самæстой æхсырæй. Фарнæг сæм кæсы, æмæ йыл дис бафтыд: уæдæ лæппу уай, цуанон лæппу æмæ хъугмæ ныггуыбыр кæнай æмæ йæ рæуæдау дæйай! Хæс-
Нарты Фарнсег 19 тæг сæм бацыд. Хæстæгæй дæр та сæм фæкаст. Стæй се ’хсæнты азылд. Уыдон æй цыма нæ уынынц, сæ дæйыны кой кæнынц. Зилы се ’хсæн Фарнæг æмæ дис кæны — цы сты адон, цавæр адæм сты?! Дад куы фесты, уæд сæ хæмхудтæ сæрфгæ æртымбыл сты Фарнæгыл. Фæрсынц æй: — Ай æмæ чи дæ? — Нæртон лæг дæн. Цуаны рацыдтæн æмæ рафтыдтæн ацырдæм. Айгуыртæ сæ кæрæдзимæ сусæг бакæс-бакæс кæнынц. Стæй йæм дзурынц Фарнæгмæ: — Фысым бакæн. Æмæ ныхъхъуыды кодта Фарнæг: адон æнахуыр адæм сты. Цæуон æмæ сын фенон сæ цард. Хъуццыты рæуæдтау чи дæйы, уыдонмæ ноджы мацы диссæгтæ уа, уый гæнæн куыд и! Стæй фæдзурдзынæн уыцы диссæгтæ нартæн. Æмæ сразы и. Айгуырты хъæумæ ныххæццæ сты хурныгуылды. Иу хæ- дзармæ йæ бакодтой Фарнæджы. Хæдзары иу ацæргæ лæг — æнахуыр коса. Нæдæр йæ сæрыл и хъуын, нæдæр — йæ рустыл. Рихи æмæ йыл боцъойæн та сæ кой дæр нæй. Къонайы раз бады, цыдæр кæрдæг æууилы, æмæ йæ карз тæф кæлы кæрдæгæн лæджы комæй, æмæ чъыртт кæны къонамæ. Къонайы зынджытæн сæ фæздæг акæлы æмæ сæ пыс-пыс ссæуы. Лæппутæ йæм бадзырдтой коса лæгмæ: — Дæ фыдæхæй фесæфæм, нæ хистæр, немæ нæртон уазæг и. — Нæртон уазæгæн — айгуырон фысым! — йæ цины хъæр фæцыди косайæн, йæ кæрдæджы ’ууилцъ рату кодта йæ дзыхæй цæхæрмæ, æмæ йæ цъыс-цъыс ссыди ’ууилцъæн. Æрбадын кодта Фарнæджы йæ фарсмæ. Фæрсы йæ: — Цы фæхæрут нарты бæсты? — Фыдызгъæл фæхæрæм. — Физонæг акæнут уазæгæн, — дзуры лæппутæм коса. — Нуазгæ та цы фæкæнут? — Ронг фæнуазæм. — Фенут уазæгæн ронг дæр искуы. Цалынмæ фынг цæттæ кодта, уæдмæ йæ фæрсы лæг — уæдæ сæ хортæ куыд сты, уæдæ сæ фосыл кæд ницы низ
20 Хуыгаты Сергей фæзынди, кæд сæ уыгæрдæнты истыгар æрзади кæрдæг? Æмæ цыдæр æнуд, тутт зынынц йæ фæрстытæ Фарнæгмæ — зæрдæхсайгæ тыхфæрстытæ. Уæддæр ын йæ алы дзырдмæ дæр дзуры Фарнæг, хабæрттæ йын кæны. Уæдмæ сæ фынг сцæттæ — физонджытæ ’мæ ронг, стæй цыдæр сауцъар луасигæндтæ. Æрбадти йемæ коса фынгыл Фарнæгæн, кувгæ нæ кодта, нæ уыди айгуыртæн сæ фæтчы кувын — æнæуи та-иу бадардта ронджы къус Фарнæгмæ, æмæ-иу бадис кодта йæхинымæр Фарнæг: цæмæн æм афтæ хата а коса ронгæй?! Уæддæр та-иу анызта. Хæргæ дæр та-иу акодта. Изæрмилтæ ахъуызыдысты уынгтæй æмæ сæ бæсты сау- далынг æрбадт. Хицæн хатæнмæ йæ акодтой, æмæ йæ гæрз- тæ йемæ ахаста Фарнæг — не ’мбæлди гæрзтæ ныууадзын искуы. Уым ын сæ йæ фарсмæ бахъил кодтой къулыл. Схуыс- сыди Фарнæг, уæдæ цы уыдаид. Цас афынæй кодта, чи йæ зоны, æмæ иуафон æрыхъал. Ныр уат — дыдзырухс, аф- тæмæй мæйрухс нæ уыд, уæдæ цырагъы кой дæр никуы зынди хатæны. Æмæ дис кæны Фарнæг: цы уа ай, цæмæй рухс уа хатæн? Уæд ауыдта — йæ дæлфæдтæм уырдыг лæууыд бæрзондгомау сылыстæг, дарæсæй, дæллагхъуырæй, цæсгомæй — иууыл урс, æрмæст йæ цæстытæ ’мæ йæ дзык- кутæ — сау. Судзынц уыцы сау цæстытæ сатæгсау æртытæй уыцы урс цæсгомыл, æмæ йæ сау дзыккутæ сау пиллон калынц йæ сæрыл. Исдуг æм кæсгæйæ баззади Фарнæг, стæй йæ уæнгтæ аивæзта^ æмæ цыдæр гæрзыты скъуыддзæгтæ æркалд йæ риуыл. Йæ цонджы хъултыл ма се ’лхынцъытæ аззадысты гæрзытæн. Ай цы уа? — дис кæны Фарнæг. Чызг худы. — Ды тыхджындæр разындтæ мæ мойагæй, — дзуры æмæ йæ дæндæгтæ цæхæртæ калынц, цыма йæ комы дæндæгты бæсты налхъуыт фæрдгуыты хал уыд. — Цæй мойагæй? — Мойаг цы вæййы. — Æмæ кæм и? Чызг ноджы хъæрдæрæй худы. Æмæ худгæ-худын йæ астæу куы иуырдæм фæтасы, куы иннæрдæм. — Уый ам нæй, фæлæ ацы бæндæн уымæн нæ бакуымд- та скъуынын, æмæ дын дæ тых фæлвæрдтон — кæддæра,
Нарты Фарнæг 21 зæгьын, дæуæн бакомид скъуынын. Æмæ дын бакуымдта дæуæн. Ды тыхджындæр разындтæ мæ мойагæй, — чызг дзургæ-дзурын Фарнæгæн йæ цонджы хъултæй айхæлдта гæрзбæндæны ’лхынцъытæ, стæй ацыд æмæ йæ фæдыл дуар ахгæдта. Æмæ æрзылди йе ’ннæ фарсыл уым Фарнæг æмæ та тарф фынæй баци. Цас афынæй кодта, чи йæ зоны, æмæ та фехъал и Фарнæг, æмæ та дæлæ сылыстæг йæ дæлфæдтæм лæууы, æмæ та йæ сау цæстытæ судзынц сау æртытæй æмæ йæ сау дзыккутæ сау пиллон уадзынц уыцы сау æртыты сау сыгъдæй. Йæхæдæг та худы сылыстæг йæ урс фæрдыг дæн- дæгтæй. Æмæ та аивæзта йе уæнгтæ Фарнæг. Æмæ йын нæ бакуымдтой ивазын — йæ къухтæ кæд нæ уыдысты баст. Ахæцыди къухтыл — нæй, æгæр фидар баст разындысты къухтæ. Æмæ бамбæрста Фарнæг — уый йын йе ’рдынбосæй бабастæуыди йæ къухтæ. — Чи мын суагъта ме ’рдынбос? — Нæ лæппутæ. — Цæмæй базыдтой, ме ’рдынбос афтæ фидар у, уый? — Мæ фыд сын загъта. — Бæтгæ та мæ цæмæн бакодтой? Чызг æм хæстæгдæр балæууыд Фарнæгмæ. — Дæ туг дын уадздзысты райсом æмæ уымæн. Фарнæджы хъустыл æрцыд кæддæрты — айгуыртæ адæймаджы туг хæрынц. Æхсыримæ йæ схæццæ кæнынц æмæ йæ хæрынц. Фæлæ йæм йæ хъус уадиссаг не ’рдардта, йæ зæрдæмæ дæр æй нæ айста: уый куыд уыдзæн, æмæ лæг хæра лæджы туг! Бирæгъ куы нæ хæры бирæгъы туг, уæд лæг куыд хъуамæ багуыбыр уа лæджы тугыл æмæ йæ куыд хъуамæ бахæра?! Уанцон тугхæрд нæу! Чызг ноджы хæстæгдæр балæууыд Фарнæгмæ. — Сайгæ дæ кодтон — мæнæн мойаг нæй. Мæ фыд мæ сардыдта — афтæ, дам-иу, зæгъ. — Уыцы коса лæг у дæ фыд? — О. Фæлæ раздæр коса нæ уыд. Кæддæр цуаны сæмбæлдысты нарты Уæрхæгимæ. Сырдыл нæ бафидыдтой, æмæ сын хылмæ асайдта. Æмæ йын Уæрхæг, физонæг кæм кодта, йæ сæр уыцы цæхæрмæ ныддардта. Басыгъди сæрæй, цæсгомæй иууыл. Уый фæстæ йыл хъуын-æрду нал рахæцыд. — Уæдæ мæсты уыдзæни нартæм? — Мæсты ’мæ — тынг. Æхсæв куы фæхуыссы, уæд фыц-
22. Хуыгаты Сергей цаг йæ зонгуытыл æрлæууы æмæ афтæмæй скувы, Хуыцау, цалынмæ, дам, нарты сæфт фенон, уæдмæ, дам, мæ ма амар. — Уæдæ, бирæ куы фæцæра дæ фыд, уымæй тас у, — бахудызмæл и Фарнæг. — Æмæ уæд нартæн сæфтæй тас нæу? Йæ куывд уыцыр- дæм арæзт куы у. — Кувгæ, цы нæ ’рцæудзæн, уымæ фæкæнынц. Цы ’рцæудзæн, уымæ ма кувын цæмæн хъæуы! — Æмæ цы нæ ’рцæудзæн, уый дæр бæрæг куы уа — не ’рцæудзæн, уæд уымæ дæр цæмæ хъæуы кувын? — Лæг нæ лæууы æнæ кувгæ, йæ зæрдæ йæхиуыл нæ дары, йæхицæй тыхджындæр æмæ стырдæр чи у, уымæй дзы ныфс куы нæ уа, уæд цæрын нæ фæразы. Чызг ницуал сдзырдта Фарнæджы ныхасмæ, йæ улæфт æм æрбайхъуыст, йæ фидар улæфт æмæ æхсызгон уыд Фарнæгæн — æгайтма улæфгæ кæны, æгайтма зæххон у, айгуырон у æгайтма ацы æнахуыр чызг! — Æмæ изæры фынгыл куы нæ куывта дæ фыд. — Фынгыл нæ кувынц махмæ. Стæй фынгыл бадгæ дæр нæ кæнынц. Уый нæм æддагон куы ’рхауы, уæд æрæ- вæрынц фынг. Æмæ нартæ зæрдиагæй кувынц? Æмæ цæмæ фæкувынц нартæ та Хуыцаумæ? — Нартæн фæтк у кувын, æмæ кувынц, цæмæй хуым- тæ хорз æрзайой, фос æнæфыдбылыз уой, зæй ма æрцæуа, дон куыд нæ раивыла. — Стæй? — Стæй баназынц. — Æмæ уымæй сбæрæг вæййы, зæрдиагæй кæй кувынц, уый, — цыдæр разæнгард хъæлæсыуагæй загъта чызг. Фарнæгмæ сæ ныхас дзæбæх кæсын байдыдта, цыма иу хъарм къонайы фарсмæ бирæ фæбадтысты æмæ кæрæ- дзийы зæрдæтæ уым бамбæрстой къонайы фарсмæ. Æмæ йæ цæстытæ нæ иста чызгæй. Уый лæууыди йæ дæлфæд- тæм, цыма боны рухсæй рухс схъис баззад, дæргъæй-дæргъ- мæ схъис, уый хуызæн. — Хуыцау у, цы у, уымæн ницы зонын, æниу ын базо- нæн дæр нæй, — загъта æрæджиау чызг, — фæлæ цыдæр ис бæрзонд кæмдæр, дуне иууылдæр кæдæм зыны, фæлæ æххæсгæ кæдæм ницы кæны, уым кæмдæр. Адæймаг уый цард-барæй равзæры æмæ уый цард-барæй ракæны гуыр-
Наргпы Фарнæг 23 гæ дæр адæймаг. Зæххы хъæстæ йæ къах кæмæн фæци, уыдонæй искæмæ ахæм цард-бар уа, уый гæнæн нæй. — Адæймаг ’адæймаджы цард-барæй равзæры, — ба- худти Фарнæг. Æнæуи йæм чызджы ныхæстæ амæй ай æхсызгондæр æмæ диссагдæр кæсын байдыдтой, æмæ йæ фæндыди, истытæ ма куы зæгъид ноджыдæр. Æмæ фæлæу- уыд йæ ныхасæй — ма йæ бахъыгдара. Æмæ та загъта чызг: — Æз иухатт, гыццыл ма куы уыдтæн, уæд саби гуыргæ федтон. Уый диссаг у — саби куыд райгуыры, уый. Саби стыр у, æмæ йæ сылгоймаг цы сылгоймаг у, уымæй нæ ныййарид. Уæд амæликкой саби дæр æмæ мад дæр. Фæлæ цы дунейы диссаг федтон уæд! Ныр ын æнæ райгуыргæ нал и сабийæн, уæд мады синтæ цæстыфæныкъуылдмæ фæиртæстысты сæ бынæттæй, æмæ, куы райгуырд саби, уæд та абадтысты фæстæмæ сæ бынæтты синтæ. Ис кæмдæр стыр цыдæр, тыхджын цыдæр — уый бархъомысæй райгуыры адæймаг. Фарнæг каст чызгмæ æмæ хъуыды кодта: æмæ, дам, айгуыртæ æвзæр адæм сты, ныццæгъдын, дам, сæ хъæуы. Æмæ сæ кæд ацы уд равзæрди, æрмæст ацы иунæг уд, уæддæр ма сæ куыд и зæгъæн æвзæр?! — Ныхæсгыл фестæм, афтæмæй нæ ницы ныхасаг уыди цыма, — базмæлыди чызг, йемæ базмæлыди йæ рухс дæр, — фæлæ хорз ныхас уыд — цалынмæ ныхас кодтам, уæдмæ бал- хынць и мæ хъуыды: ныртæккæ æз схуысдзынæн дæ цуры, дæ къухтæ дын суадздзынæн, стæй мердæм разиддзынæ ды, æмæ æмуд æрцæудзыстæм. Уый фæстæ мæнæн мæ мидæг равзæр- дзæни саби-лæппу, тыхджын лæппу, дæхи хуызæн — нæртон! Йæ сæры цыдæр ныггуыв-гуыв кодта тынг Фарнæгæн — куыд схуысдзæн йæ цуры, æмæ йæм стæй куыд равзæр- дзæни саби?! Афтæ равзæргæйæ у? Нæ, саби афтæ равзæргæ нæу. Уымæн æндæр дуне хъæуы æмæ æндæр зæрдæйыуаг ноджы. Ацы ныхæстæ не сфидыдтой чызгæн йе ’ннæ ныхæстимæ. Куыд сæ загьта, куы! Уæдмæ чызг æд рухс йæ уæлхъус балæууыд Фарнæгæн, йæ дыууæ къухæй иу æвнæлд фæкодта йæ даргъ къабайы бынтæм æмæ йæ сæрæй фелвæста йæ къаба. Хатæн ноджы барухсдæр. Фарнæг йæ къухтыл ахæцыд, æмæ баст Цонджыхъултæ тынгдæр алхъывта.
24 Хуыгаты Сергей — Стæй цы уыдзæн? — йæ цæстытыдзаг скаст уæлæмæ чызгмæ. — Стæй цы уыдзæн, уый уыдзæн, — цыма йæ зонгæ кодта, афтæ йæ фæрсдзæн, уыйау ын æнæкъæрццæй загъта чызг йæ ныхасмæ, æмæ йын цыдæр æгæнон хивæнд бав- зæрста йæ ныхæсты Фарнæг. Æмæ дзы йе уæнджы мигъ бабадт. Ноджыдæр ма цыдæр сцæйдзырдта чызг, фæлæ фæлæууыд æмæ кæсагау тасгæ ’мæ тæлфгæ йæ фарсмæ алæсти Фарнæгæн. Хатæны цы рухс аззади, уый сындæг- гай тади. Фарнæг ницуал бамбæрста. Судзы — уый ма хатыдта æмæ тæрхæгыл мидæмæ хæцыд йæхиуыл, къулырдæм. Уайтагъд æм бахæццæ и къулмæ æмæ чъырын къулы уаза- лыл бацин кодта йæхинымæр, фæлæ йыл уæдмæ æрбанцад уырдæм судзгæ тæвд, йæ дыууæ уæнмæ йын ныккомкоммæ сты сылгоймаджы гуырвидауцгæнæнтæ, се ’рдзон фидар цыргьытæй хуынчъытæ кодтой йе уæнтæ лæппуйæн æмæ, йе ’нахуыр сонт уд атæха, уымæ йæ бирæ нал хъуыди. Иннæ ахæм йæ тæркулæфт чызгæн! Иннæрдæм дзы хызт, æмæ ма сулæфа йæхæдæг, уымæн нал уыди. Стæй йын февнæлдта йæ къухты бастмæ чызг, цæстыфæныкъуылдмæ айхæлдта сæ баст къухтæн. Æмæ сæ Фарнæг айста йæ фæсонтæй йæ къухтæ, йе ’ргоммæ сæ ’рбайста, аууæрста сæ — уыцы фидар бастæй бахуыссыдысты йæ къухтæ. Уæд чызг йæ тъæпæн арм йæ дыууæ уæны астæу сæвæрдта Фарнæгæн æмæ йын æй йæ чъылдымыл дæлæмæ ауагъта уыцы тæвдæй, стæй йын йæ хъусмæ хæстæг бахаста йæ былтæ æмæ йæм дзуры хæстæгæй-хæстæгмæ: — Гъеныр ме ’рдæм разил. Ныртæккæ куыддæр мæн- мæ æрбавналай, афтæ æрбаддзæн дæ къухты рыст. — Куыд?! — цæмæй фарста æмæ цæмæн фарста, уымæн ницы бамбæрста Фарнæг. — Тынг дзæбæх, — йæ тæркулæфт фæурæдта чызг. — Сылыстæг æвдадзыхос у нæлыстæгæн, уый нæ зоныс? — Нæ зонын. — Уый та ноджы хуыздæр — мæныл æй базондзынæ. — Æмæ йæ ды зоныс? — Мæхиуыл æй нæ зонын, фæлæ йæ æнæуи зонын: йæ уд &рцæуы, æмæ адзæбæх вæййы нæлыстæг. — Цæмæй йæ зоныс?
Нарты Фарнæг 25 — Æз федтон, нæ сыхæгты лæппуйы не ’ннæ сыхæгты чызг куыд дзæбæх кодта, уый. — Кæм æй федтай?! — диссаг æм каст Фарнæгмæ æцæг, куыд æй хъуамæ федтаид, кæм æй хъуамæ федтаид! Стæй кæд дзурыныл фæуаид æмæ уæдмæ æрбадид йæ тæркулæфт æмæ æрсабыр уаид. — Донмæ ацыдтæн — æхсæвæрафон уыд æмæ сæ уым федтон. Донисæнæй гыццыл дæлдæр. Йæ къæрта доныбыл баззад чызгæн. — Æмæ талынг нæ уыд? — Нæ уыд. Мæй донисæны къуыммæ касти, арт дзы цыма скодта, уыйау дзы сыгъди æмæ уый рухсмæ йæ былгæрон дæр барухс донæн. Æмæ дзæбæх зынди, куыд тæлфыдысты, уый. — Æмæ сæм кастæ? — Цæмæннæ сæм кастаин хъуамæ! Ахæм диссаг фен æмæ йæм ма кæс! Ныхæстыл мæ ма дар, разил мердæм. — Дæ ном цы хуыйны? — Мæргьуанæ. — Дзæбæх ном дын и, тынг дзæбæх — Мæргъуанæ! Фæлæ махмæ афтæ нæу. Цæмæй æмуд æрцæуой Нарты- бæсты нæлыстæг æмæ сылыстæг, уый тыххæй хъуамæ се ’хсæн фарн бацæуа, фарн сæ хъуамæ бафтауа кæрæдзийыл. Кæннод сын æмуд æрцæуæн нæй, хъуамæ хъарм уа се ’хсæн, фарнæй чи равзæра, ахæм хъарм, æмбарыс мæ, Мæргъуанæ?.. Æмæ сæ сæ кæрæдзимæ дæр уый хъуамæ раздæхын кæна, уыцы хъарм. — Мæ хъарм дæм хъарм нæ зыны! — Уый де ’вæлтæрд туг тæркæхсыст ракодта æмæ уымæй цæуы уыцы хъарм, рахсысти дæ туг æмæ ныртæккæ ’руазал уыдзæни фæстæмæ. — Не ’руазал уыдзæн, нæ мæ фæнды æмæ æруазал уа! — йæ уæнгтæн сæ сусæг рызт æнахуыр гæв-гæвмæ рахызт, йæ ныхас дæр тыхыскъуыдтæ кодта, йæ фидар цæнгтæ лæппу- йæн йæ дæлæрмтты атъыста, йæхи та йæм баивæзта. — Разил мердæм! Фарнæг бандзыг и. Æмæ йын фелвæста йæ дæлæрмттæй йæ цæнгтæ чызг æмæ йын йæ фæсонтæ йæ дыууæ тымбыл къухæй ныххос- та æмæ хæкъуырццæй ныккуыдта.
26 Хуыгаты Сергей — Мæ тæригъæдæй нæ тæрсыс?! — Тæрсын. Дæ тæригьæды уый тыххæй нæ цæуын. Чызгæн йæ уæнгтæ ’рбатымбылтæ сты, хæрдмæ схъи- удтой, йæ кæуын тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Фарнæг уæлгоммæ ’рхуыссыд, йæ арм Мæргъуанæйы сæрмæ бахаста, йæ дзыккутæ йын æрлæгъз кодта йæ армæй. — Ма ку, Мæргьуанæ. Ныртæккæ фæфæдис уыдзысты æмæ нæ хуысгæ куы ’рбаййафой иумæ... Ды хорз чызг дæ, Мæргьуанæ, иу саг лæппумæ фæцæудзынæ чындзы, уе ’хсæн уыдзæни фарн æмæ уыцы фарны хъармæй райгуырдзæн лæппу, мæ хуызæн нæ — хуыздæр. Æрæджиау тыхджын схæкъуырцц кодта чызг æмæ бан- цади йæ кæуынæй, æрлæмæгъ, йæ уæнгтыл ахæцыд æмæ бандзыг. Хуыссыд æмæ æнцад-æнцойæ улæфыд. Æмæ та йæм бадзырдта Фарнæг: — Ды хорз чызг дæ, Мæргъуанæ. Тæхудиаг уыдзæн, ды фарнимæ кæй фарсмæ ’руадздзынæ дæхи. — Мæн ма сабыр кæн, ныфсытæ дæр мын ма ’вæр, — загъта чызг æмæ фестад уатæй. — Мæргъуанæ нæлгой- маджы фарсмæ æрхуыссыд иу хатт, иунæг хатт йæ царды. Дыккаг хатт нал уыдзæни уый, — дзургæ-дзурын раст алæу- уыди йæ разы æмæ — диссаг! Йæ рухс æрдæбоны хуызæн нæ хъарыди хатæны тары. Æмæ йæ цæстытæ хатæны талынг къуымты æрзылдысты Фарнæгæн — цæмæннæуал барухс и хатæн?! Уæдмæ йæ къаба йæ сæрыл æртъыста Мæргъуанæ. — Уæлæмæ! Бонмæ бирæ нал и. Фарнæг дзы уыцы ныхæстæ фехъусын æнхъæл нæ уыд æмæ сæ нæ бамбæрста. — Цы загътай, Мæргъуанæ? — Уæлæмæ! Æндæр ницы. Абон раджы сыстдзæни мæ фыд. — Стæй цы уыдзæн, стæй?! — йæ уаты рабадти Фарнæг. — Стæй цы уыдзæн, уый уыдзæни — стæй. Æмæ йæ уæддæр йæхи мæт уый бæрц нæ уыди, Уæны мæт æй цас уыди. Цы бауыдзæн? Нырма фат æмæ æрдын никуы уыд йæ къухы. Кусæртгагмæ никуы ныддардта йæ кард. Æрмæст йæ фæндыр — дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр йæ фйендыр. Зæхмæ йæ ницæй тыххæй æруадздзæн, хæрыны сахат ма фæуæд, æндæр. Æмæ хæргæ дæр цастæ кæны æниу?! Нарты хъалтæй дзы исчи уæлыгæс скæндзæни
Нарты Фарнæг 27 йæхицæн, æмæ йæ уæд йæ фæндырмæ дæр нал равдæлдзæни. Уыцы мæт сразы кодта уæд Фарнæджы лидзыныл, æндæр цыма Мæргъуанæйы цъынды уадзы йæ бæсты, афтæ йæм касти. Æмæ цыдысты айгуырты уынгты дыууæйæ. Мæргъуанæ йын йæ къухыл хæцыди æмæ йæ аууон рæтты кодта. Æниу иууылдæр аууон æмæ талынг уыд хъæу, рухсы цъыртт дзы никуыцæй цыд. Тарф фынæй кодтой сæ тарф хæдзæртты туджы цинæй — райсом се стырбон, се стырбонмæ сын цæттæ нæртон туг. Хуыздæр ма цæмæ бабæлла айгуырон лæг! Хæдзæрттæ фесты, æмæ уæлмæрдтæ райдыдтой. Мæргъуанæ ноджы фидардæр ныххæцыд Фарнæджы къухыл æмæ йæ цыртыты ’хсæнты кодта, цыртытыл йæхи куыд нæ цавтаид, афтæ, стæй ахызтысты уæлмæрдтæй дæр. — Бадгæ ма куы кæныс! — йæ разы алæууыд Сагахс. — Æмæ хистæртæ дæумæ куы кæсынц уым. Фарнæг йæхиуыл схæцыд, бамбæрста — уый йæм Са- гахсы къæхты хъæр хъуыст, Мæргъуанæйы къæхты хъæр нæ уыд. Мæргъуанæ раджы ацыд. Цымæ кæдæм ацыди Мæргъуанæ? Æмæ араст и Сагахсы фæстæ Фарнæг, йæ фæллад ыл æртæфсти — хатыдта йæ. Иннæ хæттыты-иу ам сæфгæ фæкодта йæ фæллад æмæ-иу æвæлладæй скъæфта йæ сырды мард. Иннæ хæттыты-иу Уæн æнхъæлмæ касти ам. Уæн æмæ ноджы йæ фæндыр Уæнæн. 3 Хъоба рафт-бафт кодта — йæ уæнгуытæ сæфдзысты, йæ фенддаджы уæнгуытæ. Рагсом-иу сæ хъоммæ куы рауагъта, уæд-иу сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой: никуы ничи федта дыууæ мады гуыбынæй рацæугæ афтæ æмхуызæттæ. Сатæгсау, сынты базыры хуызæттæ, сæ мукъутæ та — урс. Сæ сыкъатæ æмиæстæ æмæ æмхуызон аив къæдз. А уалдзæджы сæ ифтындзынафон уыд — йæ цæст сæ нæ бауарзта ифтындзын: уадз æмæ уал бæрзæйтæ сæвæрой, æфсондз сын никуыдæм ирвæзы. Ныр сæ, куыд кæсы, афтæмæй ныууæй кодта кæмæндæр аць^ зылынвад Сослан! Йæ тыргъæй касти Хъоба æмæ рафæнд-бафæнд кодта:
28 Хуыгаты Сергей цы ми бакæна? Нæ лæууын фæрæзта, нæ — бадын. Цæуьш æй фæндыд, фæлæ кæдæм цыдавд, уый нæ зыдга æмæ тыхсти. Æрæджиау азылд, мидæмæ ахызт. Уым лæгдоны рагъæныл ауыгъдæй лæууыдысты йæ дыууæ карды — йе ’дзæм кард æмæ йæ хъуытазхъæлæс кард. Сæ разы æрлæууыд æмæ сæм уæлæмæ рагъæнмæ æнкъардæй каст. Сæ иуы бабæттын хъуыд йæ фарсыл, фæлæ кæдæм цæуы, уый нæма алыг кодта æмæ сæ афтæмæй кæцыйы хъуамæ бабастаид! Æнæуи йæм ахæм æгьдау уыд — кæд-иу æввахс искуыдæм цыд, уæд æдзæм кард баста, фæлæ йæ чынтæй æддæмæ цæуыны сæр бахъуыд, уæд-иу хъуытазхъæлæс кард æриста рагъæнæй, æрдæджы онг-иу æй сласта кæрддзæмæй æмæ-иу æм, йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта, афтæмæй бирæ фæкаст, уый фæстæ-иу æй æрбаста йæ фарсыл æмæ-иу йæхицæй хъалдæр нал уыд нартæй чынтæм. Стæй-иу, Хъоба кæм балæууыд, уым йæ карды кой ничиуал скодтаид — зыдтой иууылдæр Хъобайы тесмел кард. Æмæ иннæты кæрдтыл дæр куыд нæ фæрайы, сæ цъула æмæ къæртхауд кæмттæм сын куы ныккæсы, уæд. Фæлæ Сосланы кард, Сосланы! Уæд æрцæры Хъоба, уымæй йыл тых у, кардæй, æмæ йæ уæлæмæ скæсын нæ уадзы. Ныр ыл мæйæ фылдæр цæуы, афтæ фаззæтгы куырдадзмæ ныххаста йæ кард Сослан. Æппæлыдысты лæппуты арæхстæй æмæ загъта: алæ-ма уæдæ! Уыдон радыгай фæкастысты кардмæ, уый фæстæ та кæрæдзимæ фæкастысты, сæ уæх- счытыл дæр схæстытæ кодтой. Уæддæр байсæрыдтой кард, сæ бон куыд уыд, афтæ. Сослан æй кæрддзæмы дæр нæ нывæрдта, афтæ йæ йæ къухты рахаста куырдадзæй — хурмæ йæм скæса, кæддæра нæ судзы?.. Куыддæр æддæ- мæ рахызт, афтæ йыл æрбамбæлд Хъоба. Йæ разы цæхгæр фæлæууыди Сосланæн. — Дæ уискæнæн ма байсæрай, уо Сослан?! — дзуры йæм хъæрæй Хъоба, йæхицæн йæ мыр-мыр цæуы: хъæрæй дæр бæргæ бахудтаид, фæлæ нæ уæндыди. Цæвиттон, ахæм фыдбылызы ахæсты уыди Хъоба, æмæ-иу хъæрæй куы схудти йæ зæрдæйы фæндиаг, уæд-иу йе ’фсæр феуæгъд и, йæ бинаг æфсæр, æмæ-иу ыл цалынмæ къухæй нæ бахæцыд йа^ бынатмæ, уæдмæ-иу зæбулæй баззади æфсæр, дзых та — къæппæй. Æмæ йæхи хызта адæмы ’хсæн йæ дзыхыдзаг ныххудынæй. Стæй-иу уыцы худæгыл сæхимæ фæхудти.
Нарты Фарнæг 29 Сæ дуармæ-иу ныллæууыд, намæ-иу сæ тыргъы рацу-бацу кодта ’мæ худти. Уым нæ тарсти — феуæгъд уæд, æфсæр, кæд уæгъд кæна, уæд. Сæвæрдзæн æй, æндæр ма дзы исты ис! Сослан æм ницы сдзырдта. Йæ кард мæсты ссыд ныккодта кæрддзæмы. — Уый бæсты де ’фсины цыхтлыггæнæн кард бабæтт дæ фарсыл, кæд дæ æнæ кард ничи уадзы, уæд. Ай ма цы рахæсс-бахæсс кæныс, ацы стыр кард! — не ’нцайы йæ мыр-мырæй Хъоба. Кæцæйдæр бадтæй растади, æмæ хъазын агуырдта йæ зæрдæ. Сосланы бирæ нал бахъуыд — сласа кард æмæ йæ дзы ныссæрфа. Уæдæ дзы алыхатт-алыхатт нал фæразы! — Ацу, Хъоба, æнæ мастæй дæ фæндагыл. — Уæд та афæлвариккам? Сæргæ йæ куы бакодтай. Кæд дын сыгъдæг горда фестади, уæд та! Æмæ ныззылди фæстæмæ Сослан, йæ зæрдæ йæ схаста — афæлвара! Фелвæста йæ кард, дзуры Хъобамæ: - Æрдар дæ кард! Хъоба уыцы мырмыргæнгæ сласта йæ кард, дзæбæх æй даргæ дæр нæма æркодта, афтæ ныдздзæхст кодта Хъобайы къухмæ кард Сослан. Уæды хуызæн æгад никуы æркаст йæхимæ: йæ кард æфтауын нал куымдта, афтæ дзы сфар- дæг и, гъе, Хъобайы быны кард хæрдмæ. Уæдæй фылдæр никуыма фæхудти Хъоба. Йе ’фсæр феуæгъд и, уый мæт дæр æй нал уыди. Сæ кæрты ныллæу- уыди æмæ кæл-кæлæй худт. Гъеуæд æй раййæфта, гъе, Аминæ дæр, йæ бинойнаг, афтæмæй. Мидæгæй дзæрна фыхтой æмæ, ома, къæбицæй фæхт æрбадавон, æрхойон æй, æмæ, ома, йæ цъар федде уа. Цæй фæхт æмæ ма цæй æндæр! Исдуг æм кæсыныл фæци лæгмæ, стæй йæ хъæлæсы дзаг ма ныцъцъæхахст кæна. Æфсин ма йæм фæдисы æппæрст ракодта йæхи мидæгæй, бæргæ ма йæ сабыртæ кодта чындзы, лæппуйыл дæр ма бæргæ йæхи сцагъта, фæлæ уæдмæ чындз йæ уæрджытæм нывнæлдта, тъæпп- тъæппæй сыл ралæууыд æмæ хъæрæй бæстæ йæ сæрыл .систа: — Гъæ, саубон мыл куыд ныккодта, дæлæ йын цы бирæгъы дзых и, дæлæ! Уыцы изæр афардæг Аминæ йæ цæгатмæ, иу фæхт дæр
30 Хуыгаты Сергей нал бацагуырдта æмæ иннæ дæр — æнæдзæрон скодта Хъобайыл. Æмæ фæстæмæ усгур лæппуйæ агæпп кодта Хъоба. Бабаста хъуытазхъæлæс кард, йæ хæлын хæлаф æмæ хæ- доныл йæ къухтæ æруагьта æмæ уынгмæ рахызт. Ныхасыл йæхи басæрфта — ныхасы ничи бæрæг разынд, кæронæй гæнахы рæбын цы цаддæр лæппуйы лæууыд, æндæр. Хъоба сæм исдуг цæуынмæ нæ хъавыд — цы сæм цæуа, йе ’мсæр лæгтæ куы нæ сты! Уæддæр сæм æрлæууæрлæугæнгæ бай- ста йæхи. Кæсгæ дæр уыдонырдæм нæ кодта, афтæмæй сæм бадзырдта: — Æппын уæ Æхсæртæггаты Сосланыл никæй цæст æрхæцыд? Лæппутæй иу, зæронд гæнахы къулæнцой чи лæууыд, уый размæ рахызт. — Æз æй федтон. — Кæд? — дзæбæх æм нæ азылд, афтæмæй йæм бахъæр кодта Хъоба. — Знон-æндæрæбон. — Кæм? — Лæхъыбыдырырдыгæй рацæйцыди. Кæд ма исты зонын, уæд йæ хъæбысы цыдæр рацæйхаста. — Æмæ цы хъуамæ рацæйхастаид йæ хъæбысы? — фæрсгæ уыйас нæ кодта Хъоба, сагъæс цас ныккодта. — Уый нæ базыдтон, дард мæм уыди ’мæ. — Стæй цы фæци? — Стæй уым Бирæгъбадæн цæгаты уæлæмæ фæхæрд кодта, уалæ, Куырдалæгон кæм цæры, уыцырдæм. Хъоба фесхъиудта. — Нæ кæсут, нæ! Æз æм мæ уæнгуытæ ссарынмæ æн- хъæлмæ кæсын, уый Куырдалæгоны^мæрдтæн бæхæй фæцыд æмæ йын хуымилиæгтæ фæхæссы! Йæ фындзыхуынчъытæй йын сæ сласдзынæн. Уый нæма зоны чынты Хъобайы. Нымæткъуы къохæй иу бæхджын æрбазынд æмæ хуымты астæуты дзоныгъвæндагыл фæуырдыг кодта. Лæп- путæ бæхджынмæ аздæхтой се ’ргом, фæлæ йæм Хъоба ницы уыйас æрдардта йæ хъус. Мæн, ома, уыдæттæм не ’вдæлы. Æз, ома, мæнæ мæсты лæг дæн. ’Уæдмæ бæх донæн йæ дзоныгъласæн лæгъзыл æрбатьыбар- тъыбур кодта æмæ лæппутæм сарæзта йæ ных.
Нарты Фарнсег 31 — Ай Булахъы цъæхæй рæгьæд куы у! — загъта, йæ дыууæ æрфыджы бынтондæр кæмæн баиу сты, уыцы уæз- зауарæзт лæппу. Цыма йæ дыууæ цъæх цæсты иунæг сау æрфыджы бын кæй уыдысты, уый сæм худæг зынд, уыйау худтысты лæппуйæн йæ цæстытæ. Уæдмæ бæхджын æргæпп кодта йæ бæхæй, йæ ехс йæ роны æртъыста. — Фарн уæ ныхасы! — бадзырдта лæппутæм. — Фæрнæйдзаг уай, Булахъ! — ноджы тынгдæр бахуд- тысты æрфыгджын лæппуйы цæстытæ. — Дзæбæх стут? — Хуыцауы зæрдыл дзæбæхæй лæуу. — Уæ фос дæр дзæбæх сты? — Ницы у нæ фосæн дæр. — Уæдæ хорз, — йæ бæхы згъæллаггом рафтыдта Бу- лахъ æмæ, бæхы йæ фæдыл ласгæ, бараст лæппутæм. — Æмæ нæуæг хабар нæма фехъуыстат? — Фехъуыстам. — Æцæг, æцæг? — Æцæг, дам, уыд, зæгъынц. — Цы, дам, уыди æцæг? — Цы, куы зæгъай, уæд, а Бохъ чи у, сымах Бохъ, уый бамидæг и æмæ, куыддæр Еухал холлагдонмæ бауад, уæхи Еухал, афтæ йæ уыцы ран куы рацахсид. — Цæмæн?! — йæ цæстыты уæлтьыфæлтгæ тыбар-тыбур ралæууыдысты кæрæдзийыл Булахъæн. — Цæмæн, куы зæгъай, уæд Бохъæн йæ бикъ бафтыд, æмæ ахæм сахат сылыкъах амонынц лæгæн. Булахъ хæрдмæ фесхъиудта. — Алæ, хынджылæг ма скъæр, уый дын сылыкъах æмæ нæлыкъах! Уæдæ æз æцæг фæрсын, ай та!.. Уæн фесæфти, уалæ Борæты Уæн, фехъуыстай?! — Куыд фесæфти? — йæ цæстытæ сæ худынæй фæлæууыдысты лæппуйæн. — Борæйы бæласы бын, дам, уыд уалæ æмæ, æвæццæ- гæн, айгуырты ахæсты фæци. Уæд сæм Хъоба дæр аздæхта йе ’ргом. — Уалæ Фарнæджы æфсымæр? Кæд искуы бафынæй. Æнæуи дæр фынæй у æмæ. — Фынæй нæу, нæ, рынчын у, — бадзырдта Хъобамæ
32 Хуыгаты Сергей дæр Булахъ. Хъобайæн хъыг уыди — уæдæ йæм кæцæй кæдæм скъæу-къæу кодта далæ! Фæлæ йæм ницы сдзырдта. Иннæтæ дæр фæхъус сты, афтæмæй кæрæдзимæ æввахсдæр балæудтытæ кодтой. Æмæ та сæм бадзырдта Хъоба, цыма уыдонмæ нæ дзырдта, цыма йæхицæн дзырдта: — Æмæ Уæнмæ æрхаудысты айгуырты куыйтæ, кæд ахстой искæй, уæд?! Уæны куы нæ туг и, куы нæ — уд. Лæппутæй йæм чидæртæ се ’нкъард цæстытæ ’рбазылдтой. Цыдæр рæтъувæн ныхæстæ кодта — афтæ йæ бамбæрстой. Æмæ æцæг изгард хаста Хъоба Уæнмæ. Уæдæ хъуамæ йæ фæндыр тьыллинг-тьыллинг байдайа! Ардæм дæр æй æрхæц- цæ кæны, Зилæхурæйы хъазты дæр балæууы. Цæгъдгæ дæр дзы акæндтытæ кодта. Иухатт ын йæ сæрæй дæр акуывта Зилæхурæ, æвæццæгæн æм бахъардта йæ цагъд. Уæд дæ цы фæндырæй цæгъдинаг и, рынчын лæппу дæ ’мæ искуы дæхицæн сбад. Зилæхурæмæ дæр рамæсты и Хъоба. Уæдæ йын кæдæм дæ сæрæй кувыс! Ныр фæндырæй ацагъта, уый тыххæй... Хъоба йæ уæнгтыл схæцыд, уæлæты акаст, уартæ хъæу- гæрон цъæх тыппырыл цы урс гæнах уыд, уымæ. Гæнахы уæлæ йæ нарæг бæрзонд фæрссагæй касти Зилæхурæйы хатæн. Уым тын уафы Зилæхурæ, алдымбыдтæ кæны, басылыхъхъытæ кæрды, боцкъотæ сын аразы. Куы бафæл- лайы, уæд йæ бæрзонд фæрссагæй фæлгæсын сисы алырдæм. Стæй æрцæуы Майрæмбон, æмæ йæ уæд йæ авд чындзы æрхизын кæнынц гæнахы сæрæй æмæ йын уым, гæнахы рæбын хъазт саразынц. Æмæ дзы ерысæй кафынтæ сисынц нартæ ’мæ чынты лæппутæ. Йæхæдæг дæр дзы фæкафы Зилæхурæ. Цалдæр кафты дæр дзы ракæны. Лæууы Хъоба æмæ уайы йæ цæстытыл: уæртæ æрбака- фы Зилæхурæ — уыцы æлвæст гуыр, уыцы нарæгастæу. Лæппу йæм къахфындзтыл ныллæууы — кæм фæразы æнæ ныллæугæ! Фæлæ къахфындзтыл лæууын дæр нæ фæразы! Йæхи фехсы чызджы размæ. Æмæ та уæд ныззилы йæ мидбынаты Зилæхурæ. Афтæ ныззилы, æмæ лæг фæтæрсы: уыцы лыстæг астæу куы нæ бафæраза уыцы зылдæн æмæ дыууæ дихы куы бауа чызг. Уый дæр дзы скафы, Хъоба. Фæлæ уый къахфындзтыл не слæууы — æнцон у Хъобайы йас лæгæн къахфындзтыл лæууын! Æнæуи схъыллиппытæ кæны, куы йæ иу къахыл,
Нарты Фарнæг 33 куы йе ’ннæ къахыл. Уæдæ сыртт-сырттæн бахъæуа уый хуызæн чызджы фæстæ! Йæ цæст ыл æрхæссы æмæ уыцы размæарæзт тæрттæ ноджы размæ куы рацæйбырсынц, йæ урс дæллагхъуырты рухс сыл амæхсгæ куы рауылæн кæны, уæд ницуал ауыны Хъоба, куы фæкæла, уымæй дæр рай- дайы тæрсын æмæ ныллæууы йæ кафынæй. Иу каст ма акодта Зилæхурæйы фæрссæгтæм æмæ йæм иу фæнд фæзынди — ацæуа уалæ Æхсæртæггатæм. Чи зоны, йæ уæнгуытæй дæр исты бæрæг базона. Уæнæй дæр искæй афæрса. Йæ зæрдæ йыл нæ риссы, фæлæ уæддæр. Дæллаг нартæм фæдисы змæлдæй ницы уыд. Уæлдай лæууæгыл дæр не ’рхæцыд йæ цæст уынгты. Æрмæст се стыр хæдзарæй цыдæр хъæлдзæг гъай-гъо цыд — куы-иу бацырын и уыцы гъай-гъо, хæдзары фæрссагæй-иу рагуылф кодта уынгмæ, куы та-иу фæлæууыд. Æмæ Хъоба афтæ бамбæрста хъуыддаг: дысон дзы цыдæр бадт уыд, ныр фæлхæрттыл бамбырд сты, анызтытæ кодтой, сæ сæртæ фæуæлвонг сты æмæ гъай-гъо кæнынц. Æмæ йæ зæрдæ ахсайдта мидæмæ — уым абадын æвзæр нæ уаид, уыцы нуæзтджын лæгтимæ. Нуазгæ дæр дзы акæнид æмæ — хæргæ дæр. Стæй цæуид Æхсæртæггатæм дæр. Нырма бон кæм и! Æмæ йæ æрфæндыд, тынг æй æрфæндыд, хæдзары стыр дуар куы фегом уаид, иу-цалдæрæй дзы куы рагæппытæ кæниккой, сæхи йыл куы ныццæвиккой Хъобайыл æмæ йæ сыбыртт дæр куы нæ суадзиккой, афтæмæй йæ хæдзары куы фæмидæг кæниккой. Æмæ йæ цыд сабырæй-сабырдæр кодта Хъобайæн, афтæмæй йæ цæсты тигъæй касти дуармæ, фæлæ дуар нæ гом кодта, Хъоба дарддæрæй-дарддæр цыд æмæ адард и хæдзарæй. Ныр ма дзы исчи куы ракæса, уæддæр ма йæ фæсте сурдзæн! — Сындзæхгæд æй скæнут уæ хæдзар! — йæ маст схаста Хъобайы, стæй ма искæмæн дзурæгау загьта хъæрæй: — Адон нартæй дæр не сты, ацы Алæгатæ. Цæй нартæй сты! Уæдæ Æхсæртæггаты хуызæн сты, кæнæ Борæты хуызæн? Уыдон уалæ хæцæг æмæ цæрæг адæм сты, адон та?! Исæй-бисæй сæм уыцы хæдзар ис, æмæ дзы сæ богъ-богъ цæуы æхсæвæй- бонæй, ныннуазынц æмæ. Цыди, цыди Хъоба æмæ ’мбæрста: цыдæр зæгъын ма йæ фæнды йæхинымæр, ахъаззаг цыдæр Алæгаты тыххæй — 3 Хуыгаты Ссргсй
34 Хуыгаты Сергей уæдæ куыд нæ рагæппытæ кодтой иу-цалдæрæй æмæ йæ куыд нæ фæмидæг кодтой хæдзары! Фæлæ уыцы рæстæ- джы чидæр йæ бæх фæурæдта йæ тæккæ раз Хъобайæн, æмæ ницуал загъта Хъоба. Йæ цæстытæ сзылдта бæх- джынмæ — уæдæ ам йеддæмæ кæм æрлæууыдаид, уый йын нал уыди уымæн дæр! Фæлæ йыл уæдмæ ма ныццин кæна бæхджын! — Уæ, æгас цæуай, Хъоба! Цы хур-цы къæвда дæ æрхаста нæ дуармæ?! Хъоба йæм дзурын ницы сфæрæзта. Фыццаг ын йæхи- уыл æрхаста йæ цæст, стæй — йæ бæхыл. Йæхæдæг Арсаг ^ыд, мæнæ, цы хæдзары рæзты фæцæйцыди, уый хицау. Йæ бæхыл саргъ нæ уыди, æфтаугæ йыл иунæг æхтонгæй æлвæст уыди бæхы гуыбынмæ. Арсаг æргæпп кодта йæ бæхæй æмæ бахатыд Хъобамæ: — Мæ ингæнмæ ныккæсæд, махмæ чи нæ фездæха дæуырдыгæй. Хъоба йæ рихитæм сæвнæлдта, йæ уырзтæ сыл æруагъ- та. Исты зæгъын æй хъуыд, нырма иу сыбыртт не сирвæзт йæ дзыхæй, фæлæ цы зæгъа, уымæн ницы зыдта. Мыр- мыр бакæнид æмæ мыр-мыр дæр куыд бакæна! Дзургæ мацы скæн, афтæмæй мыр-мыр райдай! Уæддæр йæ дæндæгтæ базыхъхъыр сты — ставд дæндæгтæ, тъæпæн, къулæджы хуызæттæ — æмæ уæд загъта: — Саргъ цæмæннæ дарыс, Арсаг, мæ хæлары къуындзих, дæ мæхстæттæ куы бацъæл кæнай бæхы рагъмæ, уымæй нæ тæрсыс?! Арсаг бахудти. Афтæ уæлæнгай худт. — Мæнæн мæ фыдбылыз мæ аууонау мæ фæрсты цæуы. Дысон изæр мæ фыстæ уартæ Хъæндæлыджынмæ баздæх- тон, æзын, хъæндæлыйы сыфтыл рахизой, æмæ сæм сасийæ зæрдæ ма ’хсайа. Кæсын, æмæ фырытæй иу йæ къахыл нæ лæууы. Бæхæй æрхызтæн, æрцахстон фыры, æмæ мæнæ йæ тæккæ саггомы уылынджы дæргъæн какон сындз сфардæг и. Цалынмæ сындз æфтыдтон, уæдмæ дын а бæх йе рагъыл ма стула! Саргъ йæ быны бацъæлтæ. Æмæ фæткуыл саргъ уыди! Ныр Борæты саргъгæнæгмæ уыдтæн, æмæ, дам, дæс фысы — саргъ. Æмæ ницы ахæм сæргътæ! Цы ми бакæнон — нæ зонын. — Арсаг йæ цæстытæ зæхмæ сарæзта ’мæ ныссабыр.
Нарты Фарнæг 35 Хъобамæ фæсмон æрцыди. Уæдæ цы дæ уæлфадыл гал лæууы, цы дæ хъæуы — саргъыл бады, æфтаугæйыл бады! Мидæмæ дæ хоны — йæ фæдыл араст у ’мæ уа! Ныр дзы, йæ бон у ’мæ йæ мæстæй ферох уа, йæ ныхас, ома, мæ ингæнмæ ныккæсæд, ома, чи нæ нæм фездæха. Стæй ацу ’мæ — гъа! Арсаг æм кæсгæ нæ бакодта, йæ сæрыл дæр не схæцыд, афтæмæй бафарста: — Сымахырдыгæй ничи аразы дзæбæх сæргътæ? Хъоба йæ къух фæхъил кодта. — Чи аразы, чи! Ничи аразы. — Мæхион уал бацъаппытæ кæнин исчердæм, æмæ мын æй исчи мæ цæстмæ куы бадара. — Цы дын бадардзæн, ома, дæ цæстмæ? — бафарста Хъоба. — Цы, цы, бæхæн йæ саргъ у йæ аразæг — дардмæ зыны саргъ. Æмæ цæйнæфæлтау дæ саргъ уа æмпъызт, фæлтау дæ хæлаф уæд æмпъызт. Хъоба арф ныуулæфыд лæппуйы ныхæстæм. Фæрс- гæ йæ ницæмæйуал бакодта. Æмæ лæууыдысты... Арсаг уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй, Хъобайæн йæ уæнтæ дæр хъил уыдысты æмæ йæ сæр дæр. Æмæ-иу афæнд кодта Хъоба — бадзура Арсагмæ: гъа, уæдæ æз цæуон. Фæлæ йæм куынæуал бахата Арсаг, фездæхыны кой йын куы- нæуал скæна. Æмæ та-иу ныххæцыди йæхиуыл. Уæдмæ Арсаджы мады цыдæр Хуыцау рахаста æддæмæ, Арданæйы. Сылгоймаг комкоммæ бацыд Хъобамæ æмæ йыл баузæлыд: — Сызгъæрин фестæд, дæу мах дуæртты цы зæдтæ ’мæ дауджытæ рауагътой, уыдон. — Уым фездæхти Арсагмæ Арданæ: — Æмæ уазæджы афтæ фæдарынц уынджы хъæбæрыл, мæнæ лæппу? — Ныхæстыл фестæм æмæ. — О, ныхæстыл фестæм. Мæ хæлар у Арсаг æмæ... — Хæдзары аныхæстæ кæндзыстут. — Уæлæ мæ Æхсæртæггатæм хъуыди ’мæ. — Æхсæртæггатæ дæр ам уыдзысты. — Куыд кæсын, афтæмæй мæ нæ ныууадздзыстут. Гъа, уæдæ, — йæ арм йæ карды сæрыл æрæвæрдта Хъоба — кард фæсте уæлæмæ схъил и — æмæ араст и ус æмæ лæппуимæ. Арданæ уайтагъд фынг авæрдта, ронджы дурын, еууы
36 Хуыгаты Сергей кæрдзын, цыхт æмæ саджыкъахы цæхджынтæ. Къонайы сæрмæ цы тымбыл аг ауыгъд уыд, уым цæхджын фыд бафтыдта, арт æм бакодта. Æмæ фынгмæ хæстæг балæууыд. Хъоба уæдмæ анызта — ронг бадт уыд, йæ сæры смидæг æмæ фæуæлчъиппой и. Арданæмæ-иу артдзæстмæ дæр бакасти. Ныр сæм хæстæгдæр куы бæлæууыди, уæд йæ уæнгтыл схæцыди Хъоба. — Æмæ уæдæ чынтырдыгæй ницы нæуæг хабæрттæ ис, Хъоба? Хъоба йæ ныллæг бадæнæй уæлæмæ скасти сылыстæгмæ, уалæ йæ дæллагхъуыр урс-урсид дары, цыма чындздзон чыз- джы дæллагхъуыр у. Хъоба кæсгæйæ баззад дæллагхъуыр- мæ. Арданæ йæ бафиппайдта, исдуг фæстæдæр алæууыд, стæй йæ армытьæпæн схаста йæ дæллагхъуырмæ. Хъоба дæр фем- бæрста, æгæр кæй ныджджыгъгъытт и усмæ, уый, фынгмæ аздæхта йæ цæсгом, саджыкъахы цæхджынтæй йæ уырзты дзаг фелвæста æмæ сæ йæ дзыхы бамидæг кодта, холлагдоны гом дуарæй хосы тъыфыл куыд бамидæг кæнай, афтæ. — Гъеуым уæ чызг та куыд у, уе ’нæнтыст чызг, æнæнтыст макуы фæуа? Æппын ком никæмæн ма дæтты? Хъоба, цыма йæ къах истæуыл скъуырдта æмæ йæхи размæ ахаста, уыйау фæци. Ай та сын цæмæй зоны сæ чызджы’у Науæд æй цы хъуыддаг и, ком дæтты, нæ дæтты, уымæ?! Йæ дзыхы цы саджыкъахы цæхджынтæ уыд, уыдон ма æууилын хъуыд, уæдæ сæ цы хъуыди нырма! Фæлæ сæ нал аууылдта, аныхъуырдта сæ æмæ йæ къух хылгæнæджы хъил фæкодта. — Кæм дæтты, кæ! Нæ дæтты. Арсаг чызджы коймæ фестад. — Бахатыр кæн, Хъоба, мæ бæх тæригъæд у. Йæ размæ йын исты баппарон. Хъобайæн æхсызгон уыд, Арсаг æддæмæ кæй ацыд, уый. Нæуæгæй та йæ цæстытæ æрхаста сылыстæгыл. Æмæ та йæ дæллагхъуырыл афæстиат сты йæ цæстытæ. Раст æм уæд æввахсдæр балæууыд Арданæ æмæ йæм цыдæр мынæг хъæлæсæй бадзырдта: — Хъоба, уæ Хъоба! Хъобайæн йæ цæстытæ галы цæстыты йæстæ аисты, ницуал сæ ауыдта. Æмæ та йæм æрбайхъуыст: — Ацы ныхас сылыстæгмæ бæргæ нæ хауы, фæлæ мын
Нарты Фарнæг 37 хуыздæргæнæн нæй. — Бæрæг уыд: тыхсти сылгоймаг. Йæ къухтæ йæ раздарæны бæттæнтыл ахаста фæстæмæ, сины сæртæ дзæбæх фæхицæн сты астæуæй, æмæ Хъобайы, ныб- богъ кæна, уымæ бирæ нал бахъуыд. — Æмæ цымæ ныр, исты куы ныффæнд кæниккам, уæд куыд уаид? Исты нын дзы рауаид? Хъоба, цы ныллæг бандоныл бадт, ууыл азылд, йе ’ргом цы уыди, уый иууылдæр сылгоймаджырдæм сарæзта, йæ цæстытæ йæм сзылдта æмæ джихæй баззади. — Æмæ уæд æппын иу-дыууæ ныхасы нæ баппарис мах сæрыл? Йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл æрхаудтой Хъобайæн — уæдæ йæ уымæн æрбахуыдтой, уымæн! Хин æмæ кæлæн сты ацы нартæ. Иу-дыууæ ныхасы, дам, баппар! Уæд ын куыд æппарын кæны иу-дыууæ ныхасы! — Бæргæ баппарин, бæргæ, фæлæ куыд баппарон?! — Уыцы хорз дын нæ уæлæ нæ ныууадзиккам. Нымад лæг дæ чынты ’хсæн, æмæ, чи зоны, дæ коммæ бакæсиккой. — Бæргæ куы бакæсиккой, куы, фæлæ кæм бакæсдзы- сты, кæ! — адзырдта та Хъоба цыдæртæ. — Цæмæннæ, цæ, уæ Хъоба? Хъоба йæ номмæ йæхи æрæмбæрста æмæ хъæрæй загъта: — Фæхъал сты йе ’фсымæртæ, сæ фыды бадæныл нал бадынц. — Цæмæн, цымæ? — Цæмæйзон, цæ! — Пуй, налат! Æмæ сæ дзæбæх æфсымæртæ куы хонынц. — Æвзæр æфсымæртæ не сты æнæуи, фæлæ фæхъал сты ’мæ... — Æз та ма дæуыл дардтон мæ зæрдæ. Æзын, мах æв- варс фæуыдзынæ. — Арданæ фынгæй афтид къус айста, арынджы бынæй иу хъусджын хъуырау раласта, цæхджынтæй æрыдзаг кодта къус æмæ йæ фæстæмæ фынгмæ бахаста. Хъоба æрæнкъард. Уæдæ йын цæй дыууæ ныхасы æп- парын кæны! Уый йын йæ дæллагхъуыртæм каст — бай- тыгъта йæм сæ ’мæ! Ай та, дыууæ ныхасы, дам! Науæд уыцы раздарæны бæттæнтæ нал лæууыдысты! Хаугæ кодта йæ раздарæн? Æмæ йæм равдыста йæ сины сæртæ. Фыдæ- нæн æвдисæгау, цыма æнцон у уый хуызæн тымбыл сины сæртæм кæсын!
38 Хуыгаты Сергей Уæдмæ Арданæ хъæдын тæбæгъы дзаг фыдызгъæл систа агæй æмæ йæ фынгмæ бахаста. — Æгæр дæ фæбадын кодтам, Хъоба, æмæ нын бахатыр кæн. Фыдхос æмæ цæхджын фыдЫзгъæлы тæфæй йæ улæфæн- тæ айдзаг сты æмæ фырæхсызгонæй ныууынæргьыдта Хъоба. Арсаг æфсæрмытæгæнгæ æрбахызт дуарыл, фынгæй дурын райста, ракъул æй кодта нуазæнмæ, æмæ ронг уæзбын хæлхæлгæнгæ рагуылф кодта дурыны хъæлæсæй. Хур Хурхæтæны рагъмæ дзæбæх акъул и, Хъоба фын- гæй куы сыстади, уæд. Арсаг æмæ Арданæ йæ фæдыл ра- цыдысты. Дуармæ сьш арфæтæ ракодта Хъоба æмæ араст астæуккаг нартæм. Йæ галиу къух йæ карды сæрыл фидар æвæрд, йæ рахиз къух æддиæуæтты дзæбæх парахат тылд кæны, афтæмæй цæуы Хъоба. Цæуы æмæ куы урс дæл- лагхъуыр ауайы йæ цæстытыл, куы тымбыл сины сæртæ. Æмæ йæ цыд фæсабырдæр вæййы, æрцæйлæууы. Ныр сæм искуы куы бауаид, Арсаг сæхимæ нæй, уый куы зонид, афтæ- мæй сæм куы бауаид Хъоба Арсаджы агурыны æфсон æмæ сæм куы афæстиат уаид, уæд куыд уаид, цымæ? Афтæ сæм дыууæизæрастæу бауай, куыд нæуал дæр рухс уа, куыд-нæмадæр бынтон æрталынг уа, афтæ. Иу уад уал сæм бакæн, стæй бæрæг уыдзæн. Уыцы тымбыл сины сæртæ! Цы дзæбæх тымбыл сты нырма, нæ фæлæ: туджы тæригъæд не сты æнæ нæлгоймаджы къух баныдзæвдæй! Æхсæртæггаты цæлхæмбырдæй сæййæфта уæзæгыл. Сæ цирхъытæ сæ фæрстыл, сæ æрцытæ — сæ къухты. Сæ цыргъ фындзтæ сын уæлæмæ ныхъхъил кодтой. Хъоба сæм комкоммæ балæгæрста уыцы разæнгард лæгæрстæй. — Фарн уæ лæуды, нартæ! Нæ базмæлыдысты нартæ, йæ размæ нæ агуылф код- той, йæ арфæмæ йын иу-цалдæрæй нæ раарфæ кодтой, æмæ уый хъыг уыди Хъобайæн. Хæстæгдæр сæм балæууыд æмæ сæ ныр та фæрсгæ бакодта: — Цы хабар у, цы ’рæмбырд стут? Æмæ йæм уæд, кæронæй цы цыбыр лæг лæууыд — йæ арцæн йæ астæумæ дæр дзæбæх чи не ’ххæсти, уыцы лæг рахызт йæ лæууæнæй. — Цы хабар ма уа! Уæн нын фесæфт. Æмæ нæ хæдзæр- тты дæр куыд бадæм даргъкъахæй?
Нарты Фарнсег 39 — Æмæ уæм стæры фæнд и? — Фæнд нæм нæма и. Æнæуи уал æрæмбырд стæм. Æнхъæлмæ кæеæм. Нæ дзурджытæй дæр ничи бæрæг ис бынаты. — Сослан та уын чердæм фæхауд? — Цы йын зонын, мæ уд. Чи цы бамбардзæн Сосланы митæ ’мæ хъуыддæгтæн! Куыддæр уыцы ныхас загъта цыбыр лæг, афтæ уæзæджы иннæ кæронæй кæйдæр хъæр фæцыд: — Сослан æрцæуы! Уалæ æрцæуы Сослан! Уæзæг иу змæлд бакодта, иу уæззау змæлд — алчи йе ’ргом аздæхта уæлæмæ, Бирæгъбадæн кæй хуыдтой, уыцы рагъмæ. Уым, уыцы рагъыл цы къуырфытæ ’мæ цы тып- пыртæ уыди, уыдоны ’хсæнты гакъон-макъон фæндагыл йæ зилгæ ’мæ здыхсгæ цыдæй æрцæйлæгæрста Сослан. Цыдæр æхсызгон хъуыддаг æй кæй разæнгард кодта уыцы зилгæ ’мæ здыхсгæ цыдмæ, уый бæрæг уыди дардмæ дæр. Рагъы рæбынмæ куы ’рхæццæ и, уæд лæг-рæгъау адæргъæццон — йæ кæрон йæхи баивæзта Сосланмæ. Хъоба дæр ныууагъта цыбыр лæджы — æнæуи дæр æгæр фæлæууыд йемæ. Иннæтæй йæм ничи рахызт, афтæ сæ ничи загъта иннæтæй — алæма! Æмæ уыцы цыбыр лæгæй цæй лæг и. Арцæн йæ астæумæ дæр куы нæ ’ххæссы! Куыддæр адæмыл йæ цæст ахаста Сослан æмæ, уый базыдта, нартыл цыдæр æрцыди, афтæ йын йæ ивазгæ къахдзæфтæй балæгæрста йæ тæккæ размæ Хъоба. — Уо Сослан, дæ рын бахæрон, мæ уæнгуытæ мын куыд аскъæрдтай, афтæ мын сæ дзæбæхæй æрыскъæр мæ дуармæ. Амæй уæлдай мæ ма смæсты кæн! Сослан йæ къæлæс æрфгуытæ уæлиау систа, тигъмæ бакаст Хъобамæ æмæ йæ рæзты ахызт. Хъоба лæугæйæ баззад. — Цы ныл æрцыди?! Ихдзагъд хуымы хилау куы дзой- дзой кæнут ам уæзæджы сæр! — нæргæ ацыд йæ хъæлæс адæмыл Сосланæн. — Уæны нын фæхастæуыд, — йæ размæ рахызти Сагахс. Иннæтæй дæр æм бадзырдта чидæртæ: — Куыннæ дзой-дзой кæнæм! — Æмæ рынчын куы нæ уаид, уæддæр ма цы нæ вæййы! — Цы ми ма бакæнæм?!
40 Хуыгаты Сергей Сослан Сагахсмæ йæ къух бадардта. — Фарнæджы ’фсымæры — уæлæ Борæты? — Уæдæ, уæдæ! — Æмæ Фарнæг кæм и йæхæдæг? — Йæ фæдыл ацыди. — Кæдæм ацыди? — Айгуырты бæстæм. — Æмæ айгуырты бæсты и — бæрæг у уый? — Бæрæг у. — Цæмæй бæрæг у? — Йæ фæндыры æрдынæг ын уым ссардтам фæндагыл. — Кæд ацыд? — Дысон. — Йемæ ма чи ацыд? — Ничи. — Никæй та ауагъта, нæ?! Уый нæ уымæй хизы — туг ныккæлдзæн. Уыдон нын нæ туг уадзынц æмæ нын æй хæрынц. Кæд æм афтæ зыны, хæргæ цы туг бакæнай, уый туг калдыл нымад нæу? —. фæцæйцыд, зæххы рыг йæ фæдыл сыстад, цæхгæр фæлæууыди. — Кард хæссынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мæ уд ууыл скъуынын: ныц- цæгъдæм сæ! Цæрын нæ нæ ныууадздзысты. Æмæ мæм хъусæг нæй. Ныр ма нæм уый дæр ралæг и ноджы — Фарнæг! Æвзæр адæм, дам, нæй. Уый, дам, адæмæй вæййы æвзæртæ. Уæд, уæрццаг фæуа йæ къона, бирæ æвзæртæ цы адæмæй вæййы, уый æвзæр адæм куыд нæ у?! Уæдæ ма æндæр цы у æвзæр адæмы гакк! — гыццыл сæццæйæ алæууыд, стæй та райдыдта йæхицæн дзурæгау: — Уый куы зонин æмæ уыдонмæ и, фæцæуин сæм æмæ сын куый- ты цагъд ныккæнин, хъусгæ никæмæуал бакæнин. Фæлæ кæд азыртæм и, кæнæ гуынтæм, йе гуымирты ^рдæм афтыд кæд: иутæ ’мæ дыууæтæ куы не сты не знæгтæ! Иæ фæндыры æрдынæг, дам. Æмæ фæндыры æрдынæг цы зоны! Æрдынæг уырдæм баппар, дæхæдæг æй иннæрдæм акæн! Фæдсафæнтæ кæныны фаг зонд сæ алкæмæ дæр ис. Фарон Бындар куы фесæфт, уæддæр æй уыдонмæ хуыдтой, йæ ехс, дам, ын уым ссардтой арæныл. Стæй рацæй-рабон æмæ айгуынтæм разынд. Æмæ сын цалынмæ авд-авды нæ баскъæрдтам ставд фос, уæдмæ йæ хъоргъы дардтой. Йæ уд ма удыл иугыц- цыл хæцыд. Æмæ, дам, куыд хъуамæ сласа лæг йæ кард
Нарты Фарнæг 41 лæгмæ! Нæ туг нын чи хæры, уымæ ма æххæст ронджы нуазæн куыд нæ авæрæм! — Фæцæй та цыди хистæртæм, æмæ та — мæнæ Хъоба! Хæрхæмбæлд ыл фæци. Бæргæ ма ныззылд иннæрдæм Сослан, фæлæ йæм баппæрста уæдмæ йæ ныхас Хъоба: — Кæдмæ мæ рамбæхс-бамбæхс кæндзынæ дæхи?! Кæд афтæ æнхъæлыс — батайдзысты дын! — Лидзинаг мæ фæкодтай, уо Хъоба! Уартæ мæм галты рæгъау ис, равзар сын сæ хуыздæртæй, цал дæ хъæуы, уал æмæ мæ ныууадз! — Мæхи уæнгуытæ мæ хъæуынц мæн, мæхи! — Фесæфтысты дæ уæнгуытæ. Арвыцæф фæуой, ар- вæрттывд фыццаг хатт федтой, æвæццæгæн, фæлыгъдыс- ты ’мæ фесæфтысты. — Кæмæндæр сæ ныууæй кодтай! — йæ хъæрæй нал æнцади Хъоба. Уадз æмæ хъусой адæм, чынты Хъоба Со- сланмæ куыд нынныхæй-ныхмæ и, уый. Сосланы цæстытæ хинызмæлд бакодтой сæхимидæг æмæ уайтагьд фæлæууыдысты се змæддæй. Хъобайы кардмæ бакаст — бирæ маст бахæрын кодта уыцы кард Сосланæн. Йе ’нгуылдзы къæдз йæ рихитæм схаста, йæ цæстытæ кардæй нæ фæхицæн сты, афтæмæй æмæ дзы адаудта йæ рихиты фæйнæрдæм йе ’нгуылдзы къæдзæй. — Уæдæ, Хуыцæутты Хуыцау, кæд Хъоба мæнг зæгъы, æмæ йын нæ ауæй кодтон йæ уæнгуыты а Хъобайæн, уæд йæ тесмел кард, йæ сæр бæрзонд кæмæй хæссы, йæ худ — къул, уый тасмачъи кард фестæд, æмæ мын, цæрæнбонты уисгæнæнæй цы кард тоны, уыцы кард ын æй йæ астæуыл куыд ахауын кæна! Оммен зæгъ, Хъоба! — Оммен! — загъта хъæрæй Хъоба. — Æмæ Хъоба абонæй фæстæмæ йæ уæнгуыты кой куыд никуал скæна. — Оммен, Хуыцау! — ноджы хъæрдæрæй загъта Хъоба, уадз айхъуыса сæ быцæуы ныхас, уадз æрæмбырд сыл уой æмæ та Хъобайы карды диссæгтæм кæсой! — Слас ныр дæ кард, Хъоба! Хъоба фæцъортт ласта йæ кард, æмæ ныггуыпп кодта хурмæ кард, разæй чи лæууыди, уыдон сæ цæстытæ сæ тъæпæн æрмттæй æмбæрзынмæ фесты. — Æрдар æй.
42 Хуыгаты Сергей — Гъа! — Фидар хæц! — Хæцын! — багуыбыр йæ карды уæлæ Хъоба. Æмæ сласта уæд йæ кард Сослан дæр — арвæрттывдау абадт адæмы сæрмæ йе ’рттывд кардæн, стæй фæхаста кард хæрдмæ, Хъобайы кард нырриуыгъта уæхскуæзæй. Хъоба, куыд хæцыди йæ кардыл, афтæ баззади — гуыбырæй, худ- гæ дæр гуыбырæй ныккодта, йе ’фсæр куы фелвæса, уымæй дæр нал фæтарст. Æмæ куыд нæ худтаид: фæдыууæ йæ кард йæ къухы Сосланæн. Ахауын ын æй кодта Хъобайы тесмел кард. Уый кард у, кард, чынты Хъобайы кард у уый! Схæцыди йæ кардыл уæд Сослан, æмæ йæ дзых цалдæр хатты фæхæлиу Хъобайæн: кæд нæ фæдыууæ и Хъобайæн йæхи кард, йæ хъуытазхъæлæс кард! Æмæ ныууынæргъыдта Хъоба уæд, æргæвдгæ кæй фæкæнынц æмæ кард йæ хур- хуадындзтæм кæмæн бахæццæ вæййы, уыцы гал куыд ныууынæргъы, афтæ. Уый — йæ кард, йæ хъуытазхъæлæс кард, уый — йæ уæнгуытæ, йæ фенддаджы уæнгуытæ! Йæ хæдзар уыдонæй хæдзар уыд æмæ сæ ’мбойны сафтид и йæ хæдзар. Йæ зæнгтæ куыд фæтасыдысты, уый нал базыдта Хъоба. Æрхауд, йæ карды ’рдæг йæ къухы, афтæмæй æмæ йæ цæсгом йæ фæдджийы нытътъыста. — Уыныс, Хъоба. Хуыцауы бын гæдыныхас куыд нæ тайы?! — загъта хъæрæй Сослан. Стæй раст слæууыди, йæ кард уæлæмæ сдардта, арвмæ, æмæ федтой нартæ: кард æхсидавау ссыгъди, иуырдыгæй цьæх арт уагъта, иннæрдыгæй сырх пиллон калдта. Æмæ йæм сæ сæртæ фæстæмæ асхъæл кодтой, афтæмæй кæсгæйæ баззадысты нартæ. Æрæджиау æм Сагахс хæстæг бацыд, йæ арцы фындзæй сæвнæлдта уæлæмæ кардмæ, æмæ ссыгъди карды фындзыл йæ арц. Æмæ йæ афтæ судзгæ ахаста хистæртæм. Уыдон кæрæдзийы къухтæй истой арц æмæ йæм кастысты, смыстой йæм. Стæй загъта Хуро: — Зæххон згъæрæй йæм мисхалы бæрц ницы и. Цы- дæриддæр у — уæларвон у, сыгъдæг уæларвон. Фæдзур- ма нын Сосланмæ, уо Сагахс! Уæдмæ æруагъта кард Сослан, йæ кæрддзæмы йæ атъыста — æхситгæнгæ ацыд кæрддзæмы уырдыгмæ кард. Æмæ йæм бадзырдта Сагахс Сосланмæ. Зилгæ дымгæйау здухгæ лæуд фæкодта хистæрты раз Сослан.
Нарты Фарнæг 43 — Кæм дын уыд а кард? Зæххон згъæрæй нæу, бæрæг у, уый - æрвон у. — Дардыл кæнинаг у а кардæн йæ хабар. Мæнæ нæ куы февдæла — фынг скæндзыстæм, скувдзыстæм Хуыцаумæ — табу йын уæд! Мæ былыцъæрттæ алкæй тесмел æмæ горда кæрдтæм фæхордтон, ныр сæ кæмæн æркъуырын иу гыц- цыл йæ кард, уымæн ма йе ’рдæг аззайы йæ къухы, цыма йын дзы йæ лæдзæг æркъуырын, уыйау. Фæлæ нын цы амонут, уæддæр, цы бакæнæм, цы фыд ныл æрцыд, уымæн? — Зын у ам исты бацамонын, тынг зын. Æмбарæм уæ — сымах фæнды, куы ныббырсиккат айгуыртæм. Æмæ ныб- бырсын хорз у, фæлæ туг куы ныккæла, уæд æй йæхимæ чи райсдзæн?! Фæстæмæ дæр нын уый куы фæдзæхста Фарнæг — мæ фæдыл мачи сфæнд кæнæд цæуын. — Фарнæг, Фарнæг! Фарнæг загътайæ сси нæ цард. Уый диссаг нæу! Цы хорзы бацыд нартæн?! Сæ кæрдтыл згæ схæ- цыди, сæ æрцытыхъæдтыл хъæдыкалм стых — къух сæм нал хæццæ кæны ’мæ! Æмæ йын иу нæ бакъуыры йæ ных нæ хистæртæй, фæлæ йæ разы царвау атайынц. Цæуæд уæдæ, цы сойтæ дзы смæрза, уый йын фендзысты лæппутæ! — Фæцæйцыди, фæстæмæ ма фæзылд. — Уæд та арæны онг ацæуæм йæ размæ — цы нæ вæййы! — Уый гæнæн и, — йæ къухыл размæ рахæцыд Хуро. — Лæг йæ бæлццоны размæ ацæудзæн, уым æвзæрæй ницы и. Уæ арæнтæ дæр басгардзыстут уыцы ран æххæст. 4 Бонивайæнты рахызт мусонгæй Бырсæг. Мусонджы раз æрлæууыд æмæ йе ’ргом хурыскæсæны арвмæ сарæзта. Лæууыд æмæ хъуыста: мæнæ та йæм æрцæудзæни уыцы зарæг æмæ та йæ æрцардзæн. Уыцы афон æм æрцæуы. Æмæ йæм боны цинæй æрцæуы. Рæууон мыртæ æмæ цар- ды зæлтæ куы райхъал вæййынц, кæрæдзийыл куы баны- дзæвынц, уæд уыцы баныдзæвдæй райдайы уыцы зарæг, Нартыбæстæйы зарæг. Нæ, æмæ йын нæдæр стæры цæу- гæйæ ис зарæн, нæдæр фынгыл бадгæйæ, стæй йын зарæн æнæуи дæр нæй, уымæ хъусæн и æрмæстдæр. Чи зоны, зарæг дæр нæу, чи зоны, азæлд у, зарæджы азæлд, раджы кæддæр фыдæлтæ райгуырæн уæзæгыл кæй скодтой æмæ
44 Хуыгаты Сергей йæ зарынæй кæмæн не ’фсæстысты, уыцы зарæджы азæлд. Йæ зарынæй йын не ’фсæстысты æмæ йæ азæлд баззад. Æмæ-иу æм хъуыста Бырсæг æмæ-иу йæхимæ лæг нал зынд уыцы бонивайæнты, фæлæ-иу цыма æхсидав фестади, судзгæ æхсидав æмæ-иу æм зарæг куыд хъуысти, афтæ судзгæ кодта, стæй-иу, сыгъд куы фæци, уæд-иу æрцарди. Раджы йæм æрцыди уыцы зарæг, арц хæссынхъом куы фæци, уæд. Æмæ йæ хъусæй нæ хъуыста — гуырдзæй уæзхъус рахаста Бырсæг — удæй йæ ахста. Дунейы лыстæг змæдд æм нæ хæц- цæ кодта, æрмæст ын йæ уæззау нырриуыгътытæ æмбæрста дунейæн, æмæ уæззау уыди йæ удыхъæд æмæ тызмæг. Æмæ йын уыцы зарæг удыхос уыди йæ уды тызмæг кайынæн. Уый диссаджы зарæг уыди, æмæ йын йæ кой никуы никæмæн ракодта Бырсæг. Æмæ куыд и æнæуи дæр зарæджы кой ракæнæн! Зарæгæн азарæн ис æмæ йæм байхъусæн ис æрмæст. Уый та зарæг дæр нæ уыди, зарæгæн йæ азæлд уыди уый. Æмæ-иу, æхсæв нымæтыл йæхи кæм æруагъта, уым-иу цин кодта Бырсæг, рагсом та бон æрцæудзæн, æмæ та йæ раз- мæ уынджы балæудзæн, йæ зæрдæйы бын та базмæлдзæни зарæг. Фæлæ ацы бон дзæбæх не змæлыди зарæг — йæ зæрдæ ’хсайдта алырдæм. Цы баци Уæн? Ныххæццæ йæм и афонмæ Фарнæг? Æмæ йæм куы ныххæццæ уа, уæд цы бауыдзæн йæ бон? Стæй — Сослан! Кæдæм атагъд кодта знон? Цæмæннæуал æрыздæхти фæстæмæ? Лæууыди Бырсæг йе ’дзæм лæудæй. Хъуыста йæ зæр- дæйы бынмæ, фæлæ зарæг не змæлыд а бонивайæнты, æмæ тыхсти. Афтæмæй йæ цæстытæ æрхæцыдысты æнахуыр фæндаггæттыл — далæ хъæдыдзыхæй рахызтысты æмæ уыцы кæрæдзийыл хæстæй цыдысты — ничидæр сæ фæсте зади, ничидæр сæ разæй кодта. Æмæ сæм кæсгæйæ баз- зади Бырсæг. Æмæ сындæггай æвзарын байдыдта: кæд нæ хастой цыдæр, сынты хуызæн цыдæр. Касти сæм æмæ дисыл бафтыд: цы хæссой, ацы дард фæндагыл, кæдæм æй хæссой?! Уæд йæ бынаты азылд æмæ мусонджырдæм бахъæр кодта: — Елтар, æддæмæ-ма рахиз! Мусонджы дуарæй рагæпп кодта, нырма йæ уæнг кæмæн нæ^а сфидар и, ахæм даргъ лæппу, хуылыдзæй ивæзт, кæмæй фæзæгъынц, ахæм, æмæ йæ фарсмæ алæууыд Бырсæгæн.
Нарты Фарнæг 45 Бырсæг ын йæ уæхскмæ бавнæлдта æмæ йæ тынг ныу- уыгъта. — Райхъал ма у, фынæйы дзæкъул æмæ, далæ чи ’рбацæуы, уыдонмæ дзæбæх акæс! Лæппу йæ ком аивæзта, йæ цæстыты уæлтьыфæлттæ сты- бар-тыбур кодтой, стæй фæхъоппæг сты йæ цæстытæ, сæ- уæхсиды æрттывд фæкодтой, æмæ сæ дæлæмæ фæцарæзта. — Разæй цæуы Фарнæг. Йе ’ккой хæссы Уæны, сынты чи и, уый нæ зыны. Фæсте сынтыл чи хæцы — нæ зонын. Фæлæ дзæбæх лæппуйы хуызæн у. — Афтæ æнæкъуылымпыйæ адзырдта Елтар, дзырд куы фæци, уæд йæ къухтæ фæхъил кодта æмæ йæ хъæр фæцыд, йæ тыхджын хъæр: — Фар- нæг! Æрбацæуы Фарнæг! Уæлахиз уæд Фарнæг! Хъæрмæ мусонджы ничиуал аззад, иууылдæр æддæмæ ракалдысты. Се ’рдынтæ се ’фцджытыл иуæрдæм, сæ фат- донтæ иннæрдæм, се ’рцытæ сæ къухты. Арсаг фæсте аз- зад, куы рацæйзгъордта, уæд йæ тыхстæй йæ фатдон му- сонджы æддаг цæджындзыл фæхæцыд, ацахста йын йæ фатдон æмæ мусонджы раз нæууыл фæуæжоммæ. Фæтарсти уым Арсаг — исчи йæ кæд федта, уæд та йыл худæгæй схæсдзысты сæхи, сонт стад фæкодта, фæйнæрдæм фæкæс- фæкæсгæнгæ йе ’мбæлтты ’хсæн амидæг. Батымбыл сты æмæ уыцы æмгуыдынæй феккуырстысты — æнæхъæн лæг-рæгъау. Цыма иу буар уыд, иухæст буар, райхалæн кæмæн нал уыд, ахæм фидар буар, цыди æмæ та-иу йæ зыланг райхъуыст — æвæццæгæн-иу уыцы æнгом цыдæй се ’рцыты æрттигътæ кæрæдзийыл баныдзæвыдысты. Мусонгæй куыд æддæдæр цыдысты, афтæ сæ къахайст кодта тагъддæр, æмæ сæ уайтагъд суыдтой Фарнæгитæ, ба- зыдтой сæ, чи сты, æрлæууыдысты æмæ сæ сынт æруагътой зæхмæ, стæй Уæны дæр æриста йе ’ккойæ Фарнæг, сæ фарсмæ йæ æрлæууын кодта нæууыл, фæлæ лæууын нæ бафæрæзта Уæн æмæ сынты дæлфæдтæм нæууы уæлæ ’рбад- ти. Æмæ сæм хъуысти уыцы фидар къæхты гуыпп-гуыпп, æввахсæй сæм æввахсдæр кодта, стæй-иу уыцы гуыпп- гуыппы ’хсæнмæ -хсæнты се ’рцыты уæззау зыланг фæ- цыд, фæлæ-иу гуыпп-гуыппы бын фæци уый дæр. Ных- хæццæ сæм и уыцы иухæст нуарджын змæлд æмæ уым сæ уæлхъус райхæдд. Фыццаг сæ æрцытæ иу рæгьыл æрсагътой, стæй сæ чи куыд разæй уыди, афтæ разæй цыд Фарнæг-
46 Хуыгаты Сергей мæ, йæ риуы гуыдырмæ-иу ын бахаста йæ риу, стæй-иу, йæ фарсмæ, бæласы зæнгау фидар цы лæппу лæууыд, уый къух райста æмæ-иу уый фæстæ ныпуыбыр кодта Уæнмæ æмæ-иу ыл æрбатыхта йæ цæнгтæ. Æппæты фæстæ Елтагъан цыди, Уæнмæ куы нывнæлдта, уæд æй йæ хъæбысы уæлæ- мæ систа æмæ йæ иуцасдæр нал æруагъта зæхмæ. Уæд Фарнæг дзуццæджы æрбадти сынты раз, сынты уæлæ цы сыфтæрджын къалиутæ уыд, уыдон асчъил кодта дæлфæдгырдæм далæ æмæ сæм нартæм сынтæй сзынд лæджы цæсгом, фæлæ йыл уыцы хуыздзыд æмæ хуызхæрд хъуыны пискъуылтæ афтæ ныффæлдæхтытæ сты фæйнæрдæм, æмæ цæсгомæй ницуал зынд æппындæр, æмæ йæм кæсгæйæ баз- задысты нартæ. Уæззау æрхуым сæ уæхсчытыл æнцад, æмæ уыцы æрхуымы бын сæ уæззау улæфт цыд. — Мæнæ нартæ дæ размæ рацыдысты, о Уæрхтæнæг! — иу хæдзары дуарæй иннæ хæдзары дуармæ куыд бахъæр кæ- най, афтæ бахъæр кодта сьшты разæй сынтмæ Фарнæг. — Ракæс-ма сæм, сæ уынынмæ куы бæллыдтæ! Лæг тыххæст скодта йæ цæстыты уæлтъыфæлттыл, æмæ тыхгом баисты уæлтъыфæлттæ, цыма рагон рох нык- кæнды дуæрттæ уыдысты, лæг загътаид — сæ хъыррыст фæцæудзæни ныртæккæ. Æмæ гомæй баззадысты арвмæ уыцы стыр æгъуыз æнкъард цæстытæ. Нартæ уæнгхаудæй лæууыдысты йæ алыварс. Æрæджиау Сагахс Фарнæджы фарсмæ дзуццæджы æрбадти. — Цы загътай, Фарнæг, цы? Уæрхтæнæг нæ загътай, нæ? — О, Уæрхтæнæг загътон. — Æмæ, ома, куыд Уæрхтæнæг, кæй Уæрхтæнæг, ома? — Нæхи Уæрхтæнæг, нарты. — Нæхи Уæрхтæнæг, нарты. Ома дæ фыдыфсымæр Уæрхтæнæг? — Мæ фыд Уæрхæджы æфсымæр Уæрхтæнæг. — Мæнæ диссаг! — фестади Сагахс, йе ’рмттæ тынг æркъуырдта кæрæдзийыл. — Уæрхтæнæг, дам, нæхи Уæрх- тæнæг, дам, нарты! — загъта тынг хъæрæй, стæй та дзуц- цæджы æрбадта фæстæмæ æмæ йæ цæсгытæ фæцарæзта Фар- нæгмæ. — Æмæ Уæрхтæнæг уартæ фыдæлты куы фесæфт — кæдæмдæр куы фæцыд æмæ куы нал æрыздæхти фæстæмæ?! — О, раджы уыди уый — тынг раджы уыди. Уæд хонæг
Нарты Фарнæг 47 ацыди Уæрхтæнæг æмæ мæнæ ныр æрыздæхти фæстæмæ. — Æмæ йæ цæмæй зоныс, Уæрхтæнæг у? — Уæрхтæнæг у ’мæ уымæй, — бахудти Фарнæг. — Æмæ нырма Уæрхтæнæджы сæрæны койæ фылдæр куы не сты нартæй чынтæм, уæд ацы уагмæ куыд æрхауди, цы хуызы?! — Уый дардыл дзуринаг у. Æнæнхъæлæджы йыл бам- бæлдтæн иу талынг лæгæты, цæрдтæй мæрдтæм баввахсдæр и, фæлæ нæртон дон банызта мæ цылыхъæй, стæй мын мæ ныхас фехъуыста ’мæ раздæхти фæстæмæ цæрдтæм. Бырсæг нырмæ æнæзмæлгæ лæууыди, æмæ йæм нартæй йæ хъус ничи дардта, ома, хъусгæ ницы кæны æмæ дзургæ дæр цы кæна! Ныр йæ цæнгтæ сивæзта хæрдмæ, йæ уæрджытыл æрхауд æмæ ныдздзынæзта: — О Стыр Хуыцау, кæнæ нын не ’нæмæт æмæ стыр- зæрдæ айс, кæнæ та нын бынтон нæ мыггаг сыскъуын! Дæ рухс хур ныл цæмæ кæсы, цæмæ, йæ быны талынджы куы хитæм?! Нæ зæрдæмæ ныккæсын куы нæ базыдтам — куы йæ сæрмæ нæ хæссæм, куы та æнæвдæлонæй равдисæм нæхи. Дæ бæлццон ма æрыздæха йæ балцæй æмæ йæ фæстæ ма ракæсай, фæлæ дæ къонайы фарсмæ даргькъахæй сбадай æмæ хъарм кæрдзынтæ хæрай! Æмæ ма лæг йæ карчы цъиуы дæр куы ’рцагуры, изæрыгон йæ бадæнмæ куы нæ стæхы, уæд. Бæстыбындзар куыд нæ бахордтой нар- тæ дæндагæй, куыд æрбадтысты, куыд æрсабыр сты?! Уо Стыр Хуыцау, дæ тæрхон куыд æрæгмæ æруадзыс, куы! Уæрхтæнæджы цæстытæ гомæй баззадысты, æмæ сыл уæлтъыфæлттæ æрхауынæввонг лæууыдысты хъилæй. Йæ зонгуытыл æм æввахсдæр бабырыд Бырсæг æмæ йын йæ сынты фарсмæ йæ ных æрхаста зæхмæ. — Кæд ма дæ уд ныббарынхъом у, уæд нын ныббар, Уæрхтæнæг! Нæ азым бамбæрстам — куыд æрæджиау, куы! Æмæ уæд нартæ цыдæриддæр уыдысты — æркалдысты сæ зонгуытыл, сæ уæрджыты гыбар-гыбур ссыд. Сæ фæстæ та сæ æрцытæ се ’вдисæнтау хъилæй лæууыдысты хæрдмæ. Уæд сыстади Фарнæг æмæ загъта: — Мæнæ уын мæ хæрзгæнæг — айгуынон цуанон хуыцауысконд Арци. Уæрхтæнæг æмæ Уæнимæ ам кæй стæм, уымæй бузныг ут Арцийæ. Æз ныдздзæгъæл дæн уыцы æгæндæг хъæды, нал зыдтон мæ фæндаг, уæдæ мын иуы
48 Хуыгаты Сергей хæссын дæр зын уыди, хæссын та мæ хъуыди дыууæйы. Æмæ мæм Хуыцау — табу йын уа! — рарвыста Арцийы. Арци лæууыд æмæ сау тымбыл цæстытæй худти нартæм. Сагахс æм бацыди, йæ къухыл ын ныххæцыд, йæ уæхск- мæ йын тавицгæнгæ бахаста йæ уæхск æмæ йæм бадзырдта: — Ды нартæн дæ æфсымæр, уо Арци, абонæй фæстæ- мæ! Дæ лæггад фидыныл дын нæ батагъд кæндзыстæм — лæггадæн йæ бафыстæй йæ зæрдыл дард хуыздæр у, æмæ дын нæ зæрдыл дардзыстæм ацы стыр лæггад. Зæрдыл дарын та — хорз дæр æмæ æвзæр дæр — зонынц нартæ. Арци йæ цуангæнæн цыбыр фæтæнком кардыл ахæцыд фæстæмæ роныл, йæхимæ ’ркасти æмæ загъта: — Фæндаг чи нал зона, уымæн æй хъуамæ бацамона, чи йæ зоны, уый. Йæ хæссинаг чи нæуал фæраза, уымæн дæр ыл хъуамæ схæца исчи. Дунейы уаг афтæ арæзт у. Кæннæуæд адæмæй иутæ дзæгъæл ныууыдзысты фæндæг- тыл, иннæтæ сыл кæлгæ ныккæндзысты æд уæргътæ, æмæ сыл къах авæрæн нал уыдзæни размæ. Арцийы ныхас Бырсæгмæ байхъуыст — æвæццæгæн æм иууылдæр кæй хъуыстой, уымæн. Æмæ йæм бахъарыд йæ ныхас — хорз æм фæкасти. Йæ къухтæ аууæрста кæрæ- дзийыл, стæй бацыди Арцимæ. — Раст загътай, хъæбæр раст, æри-ма мæм дæ къух. Кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой. Æмæ аздæхт уым Быр- сæг Фарнæгмæ: — Дæ нæуæг æфсымæрæй махæн дæр æфсымæры хай, уо Фарнæг! — æмæ йæ хъæбысы æрбакодта Арцийы. Стæй араст сты нартæ, æмæ куыд хистæрæй байдыдтой цæуын Арцимæ, йæ къух ын истой, йе ’фцæгыл тыхстысты. Чи-иу сæ исты загъта, чи — нæ. Æппæты фæстæ йæм бахæц- цæ Елтагъан, йæ разы æрбалæууыд бурдзалыг, цъæхдзастæй, йæ мидбылхудт йæ былгæрæтты бадт. — Мæнæй та дын — кæстæр æфсымæр, æгъдæнцойыл хæцæг. — Бузныг, мæ кæстæр æфсымæр! — æмæ йæ ’рбахъæ- быс кодта Арци. Æмæ уæд аздæхти Сагахс Арцимæ: — Ныр афтæ бакæнæм, уо Арци, цом махимæ, нæ хис- тæ)ртæн нæ ма бафхæрын кæн. — Æнæ цæугæ мын цы и! — загъта та Арци дæр. —
Нарты Фарнæг 49 Сымахæй иуырдæм куыд аздæхдзæни лæг — уæ тымыгь æй уæддæр хæсдзæни уемæ. — Дæ дард фæндæгтæ уæд тымыгъæй хызт. Ныр лæу- гæ — нал! Æмæ базмæлыдысты. Сынтыл разæй схæцыди Сагахс, фæсте та йыл Бырсæг хъавыди схæцынмæ. Фæлæ йæ размæ рахызти Арци. — Уæ арæнмæ йыл æз схæцон сынтыл. Кæд сау сынт нæу, уæддæр сынт у. Бырсæг дæр ма цы загътаид. Хастой сынт Сагахс æмæ Арци. Уæны та лæпп^тæ ды- гæйттæй сæ цæнгтыл бадгæйæ скъæфтой рогæн. Иæ сæр дзæбæх нæ урæдта æмæ-иу æй куы сæ иуыл бакъул кодта лæппутæй, куы — се ’ннæуыл. Цыдысты сабьф æмæ уæззау, цыма сау сынт хастой, афтæ — хъыпп-сыпп сæ ничи кодта, æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ се ’хсæн кæмдæр уæззау зыланг фæцыди, — кæмæндæрты- иу сæ æрцыты æрттигътæ баныдзæвыдысты кæрæдзийыл æмæ-иу йæ мидæг алæгæрстой зылангæн сæ фидар иугæнд- зон лæгæрстæй, æмæ-иу кæмдæр сæ фæстæ баззад зыланг. Арæнæй куы бахызтысты, уæд Хъилдурæй мусонджы ’хсæн нæумæ ’руагътой сынт, æмæ йыл батыгуыр сты — цы ми кæны Уæрхтæнæг! Чидæртæ сæ дзуццæджы æрбадти, ин- нæтæ уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй лæууыдысты. Фар- нæг та йын, йæ цæсгом цы къалиутæй æмбæрзт уыд, уыдоныл дæлæмæ ахæцыд, фаелæ йæм дзурын ницыма сфæрæзта, афтæ йæ рæмбыныкъæдзыл рабадти Уæрхтæнæг, йæ тъæпæн арм йе ’рфыджы сæрмæ схаста æмæ Хъилдурмæ йæ цæстытæ ныццавта. Афтæ касга иу цасдæр, стæй базмæлыдысты йæ былтæ æмæ, цæстæй цæстысыг куыд ратæдза, афтæ ратæдзæгау кодта йæ былты ’хсæнæй иу дзырд: «Хъилдур?!» Æмæ аивæзта дурырдæм йæ цонг. Лæппутæй йæм чидæртæ æрæвнæлдта, йæхиуыл схæцыди Уæрхтæнæг æмæ йæ ам цæф-уым цæф къахдзæфтæй бараст Хъилдурмæ. Куы йæм бахæццæ и, уæд ыл йæ цæнгтæ ’рбатыхта, стæй адджын цъынд бакодта йæ цæстытæ, афтæмæй азылд дуры алыварс, йе ’ргом нартырдæм куы аздæхт, уæд йæ цæстытæ базмæлыдысты, ракаст сæ, æмæ йын æнхъæл куыд ничи уыд, афтæ хъæрæй ныббогъ-богъ кодта. Æмæ сыл дис бафтыд уый æппæтæй — кæцæй ма ’рцыд уыцы мæлæг удмæ уыйбæрц хъару æмæ 4 Хуыгаты Ссргсй
50 Хуыгаты Сергей уыйбæрц хъæрæй богь-богь кæна! Сæ уæнгты иннæрдæм хызти уыцы æнахуыр богь-богь, æмæ æркæлой, уымæ сæ бирæ нал хъуыд. Æнæуи æмбæрсгой — йæ цин æмæ йæ маст сæмбæлды- сты кæрæдзийыл, æнæ сæмбæжæ сын нæ уыди ам, арæныл, уыдон ныпуыпп кодтой йæ риуы. Æмæ куьщга, кæддæр лæп- пуйæ йæ бæхыл хъазгæ кæуыл ахызт æмæ йæ ныр зæрондæй сынтыл кæуыя æрбахасгой, уыцы арæныл, куыдта, цы удыртау ма дзы уыд, уымæй богь-богь кодта — йæ хъаст ын кодга арæ- нæн, æви йьш йæ тæригьæд хьарыд — зын рахатæн уыд уый. Раст уыцы рæстæджы мусонджы æдде уартæ йæ бæхæй æргæпп кодта Сослан. Згъæллаггом рафтыдта, идонбос саргъы гоппыл баппæрста æмæ йæ ехсæй йæ месы хъус æрцъыккæрцъыкгæнгæ бараст нартæм. Кæронæй цы лæп- пу лæууыд, уый йæ уæхскæй разылдта йæхирдæм — лæп- пу Арсаг разынд, Алæгаты Арсаг — æмæ Уæрхтæнæгмæ йæ ехсы хъæдæй ацамыдта Сослан. — Чи у, чи? — Уæрхтæнæг, — куыд лæууыд, афтæ йæм сæргуыбырæй бадзырдта Арсаг. — Æмæ цæуыл богъ-богъ кæны? Арсаг æм ницуал сдзырдта. Куыд ын загътаид, цæуыл богъ-богъ кæны, уый! Сослан Арсаджы сæрты каст, афтæмæй та бафарста: — Чи у зæгъыс, чи? — Уæрхтæнæг, Борæты Уæрхтæнæг уалæ. — Куыд Уæрхтæнæг, куыд Борæты Уæрхтæнæгуалæ?! — Арсаджы уæхскмæ та бавнæлдта Сослан, йæхимæ дæр та ’рбазылдта Арсаджы. — Цытæ лæхурыс, цы?! Æмæ Уæрхтæнæг кæд æмæ кæд фесæфт уартæ! Кæдæмдæр куы фæцыд, æмæ ма йæ афтид ном куы ’рыздæхти фæстæмæ ’рмæст. Ныр йæ номыл дæр рох куы схæцыди, уæд куыд у Уæрхтæнæг?! — Уæд фесæфт, ныр фæзынд. Фарнæг ыл бамбæлди кæмдæр æмæ йæ уартæ йæ нæуæг айгуынон æмбал Арцимæ сынтыл æрхаста. — Фарнæг, зæгъыс? Æмæ фæзынд Фарнæг? Арсаджы уым ныууагъта Сослан, йæхæдæг алæгæрста размæ. Хъилдурмæ куы бахæццæ, уæд сæ алыварс æрзылди Хъилдур æмæ Уæрхтæнæгæн, стæй æрлæууыд æмæ загъта хъæрæй:
Нарты Фарнсег 51 — Гæр æмæ ма кæд удыгас уыди, уæд йæ кой-йæ хъæр куыд никуыцæй райхъуысти уал азы дæргъы? Фарнæг æм къулбæрзæйæ бакаст. — Кой æмæ хъæрмæ дзæбæх хъусын хъæуы, кæннæуæд нæ хъуысынц. Сосланæн хъыг уыди уыцы ныхас, фæлæ йын цыма хъыг нæ уыд, уый хуызæн лæууыд, стæй та нæуæгæй азылд Хъилдур æмæ Уæрхтæнæджы алыварс. — Дæ дзырд фæуæд. Æмæ Уæн цы баци? — Уæн уæртæ бады нæууыл. Æмæ йæм балæгæрста Сослан, æрæвнæлдта йæм, æр- бахъæбыс æй кодта. — Æгайтма мын дæ туг нæ фæци исинаг. Дæ туг зыни- синаг уыдаид, дæ сыгъдæг туг. Дæ маст дын райсдзынæн. Кæсгæ ма-иу фæкæ. Уæны куыддæр суагъта, афтæ йæ къух бадардта Арцимæ. Æмæ йæм Арци дæр бадардта йæ къух. Æмæ æрхæцыдысты дыууæ къухы кæрæдзийыл. Арцимæ Сосланы къух уазал фæкаст дурау æмæ ноджы — хъæбæр, дурау. Уæдмæ банцади йæ кæуынæй Уæрхтæнæг, æрмæст ма йæ цæстыхаутæ змæлыдысты сæхимидæг æмæ сæ лыстæг сыг згъæлди. Сослан æм касти, касти, стæй йæ сæр ныттылдта. — Зонгæ дæр ма йæ куыд бакæна лæг — æгасæй хъуыны бын куы фæци, — дзургæ-дзурын йæ хъамайы чъылдымæй гыццыл кард сласта æмæ йæ лæппутæм бадардта. — Гъа-ма, исчи йын фæцыбырдæр кæнæд йæ хъуынтæ, йæ сæр дæр ын æрдасут... Æмæ йæм Фарнæг бадзырдта Сосланмæ: — Нæхимæ йæ ныдздзæбæхтæ кæндзыстæм. Сослан æм тигъмæ бакасти Фарнæгмæ, йæ карды ком æрыс- гæрста йæ хистæр æнгуылдзы уырзæй æмæ йæ йæ бынаты нытътъыста. Раст уыцы рæстæджы фæцыд цыдæр дзолгъо-молгъо, стæй уыцы дзолгъо-молгъойæ фæхицæн и кæйдæр хъæр: — Фæлидзы! Лæг фæлидзы! Сослан ныззылд — æмæ далæ æцæг фæлидзы иу лæг. Афтæ лидзы, æмæ йæ къæхтыл цæст нæ хæцы. Гыццыл ма йæ хъæуы, хæрз гыццыл, æмæ хъæды дзыхы амидæг уыдзæн. Сослан йæ бæхмæ базгъордта, йæхи йыл баппæрста ’мæ йæ гæпдугъæй ауагъта. Лæг иу каст фæкодта фæстæмæ,
52 Хуыгаты Сергей Сосланы ауыдта. Лидзгæ-лидзын иуырдæм ныззылди, ин- нæрдæм ныззылди, æмбæхсæн бынат агуырдта, куыд зынди, афтæмæй йæхицæн, фæлæ кæм амбæхстаид, ахæмæй ницы уыд йæ алыварс, æмæ уæд ноджы тагьддæр радта лыгъд хъæдмæ. Хъæдбыны цъыхырытæм ма йæ цалдæр къахдзæфы хъуыди, афтæ йæ баййæфта Сослан, кард фæхаста æмæ йæ æруагъта лæгыл. Кард уæхскæй дæларммæ ацыд æмæ сурæй ахауын кодта лæджы — йæ сæр æмæ йæ иу цонг зæххы абадгысты. Афтæмæй ма цаддæр къахдзæфы акодта уæддæр — йæ сæр йæ уæлæ нал уыд, фæлæ аирвæза, уыцы хъуыды йемæ баззад æмæ йæ размæ хаста. Куы ’рхауди зæхмæ, уæд йæ алы- варс æрзылд Сослан, стæй йæ цапуал цыдæй рараст и фæстæмæ. Ахст лæгтæ гуыбырæй бадтысты, сæ цæсгæмттæ сæ æрмтты дзыхъхъытæм ныххастой æмæ хъæрæй куыдтой. Фарнæг фæйнæрдæм ракæс-бакæсæн бахъуыд. Чи уыд уыцы лидзæг лæг, кæдæм лыгъд, цæмæн лыгъд, чи сты уартæ гуыбырæй чи бады ’мæ хъæрæй чи кæуы, уыдон?! Уæд æм Сагахс хæстæгдæр балæууыдæмæ йын хабар ракодта цыбырæй. Фарнæг лæугæйæ баззад. Йæ цæстытыл уади уыцы лæг — куыд тынг æй фæндыди, куы аирвæзид, уый! — æмæ ма карды бын дæр йæ зæрдæ цæуылдæр дардта. Нæ, марын, уд скъуынын — уый Хуыцауы барвæнд нæу. Уый мæнæ Сосланы хуызæн тыхджындæрты бархъомысæй æрцыди цардмæ, марыны æгъдау. Сослан æрбахæццæ. Æргæпп кодта йæ бæхæй. — Сынтыл уæртæ уыдоны бафтаут, — йæ кардæй ацамыдта ахст лæгтæм. — Æмæ фæтагъд кæнут. Æртæ нарты фæдисы цардæй цæрынц цалдæр боны ныр. Сæ къонатæ æртдзых уæддæр бакæной. Фарнæг æм каст — кæса йæм уый йæ нæ фæндыд, фæлæ йæм æнæ кæсгæ нæ фæрæзта: бæгуы æнæвдæлон лæджы змæлдтытæ кæны! Цыма сын сæ хъуыддæгтæ аразы æртæ нартæн. Афтæмæй сын халгæ кæны сæ хъуыддæгтæ. Кар- ды комæй архайы ’мæ карды комæй нæй хъуыддæгтæ ара- зæн. Карды ком лæджы ком нæу, мыййаг! — Цæмæ ма у нæ лæуд? — æрбахъæр кодта уымæ дæр, Фарнæгмæ дæр, Сослан. — Нæ фæндаг нæ цыбыр кæнын хъæуы. Фарнæг æм хæстæгдæр балæууыд. — Хуыцауы æваст хъуыддаг бакодтай, Сослан.
Нарты Фарнæг 53 — Цæмæй зæгъыс? — йæ цæстытæ йæм ферттывтой Сосланæн. — Цæмæн хъуыд марын уыцы лæджы? — Нæ хъусут, нæ, нæ зонды къуыбар Фарнæгмæ! — Ныннæрыд йæ хъæр Сосланæн. — Цæмæн, дам, æй хъуыд марын! Уæдæ мын æй мæ роны кæнын кодтай?! — Дæ роны дæр æй ма бакæн, фæлæ йæ уадз йæ мæгуырыл æмæ цæра! — Æмæ нæртон зæхх тона æмæ ’взона! Æнæуи дæр куырæты фæдджийы йас йеддæмæ куы нæуал баззади нартæн сæ тыгъд быдыртæй. Ныр уый дæр аиваз-аиваз кæнынц фæйнæрдæм. Æви нарты зæхх нал хъæуы — зæдтæ фест- дзысты æмæ арвмæ атæхдзысты уалæ! — йæ кард хæрдмæ фæхъил кодта Сослан. Æмæ та нæуæгæй дисыл бафтыди Фарнæг: уæдæ Сослан уай æмæ нарты зæххыты мæт бакæнай! Кæй сын кайынц сæ зæххæй нартæн, уыдæттыл сдзурай! Нæ, ныронг дзы ахæм ныхас никуы ничи фехъуыста Сосланæй. Лæууыд фæтæджы лæудæй кæронæй уартæ йæ бæхы цур Сослан — стыр æмæ тыхджын, бæрæг дардта иннæты ’хсæн, йæ кард йæ къухы, йæ нæуæг кард — нæуæг ын у, уый базыдта Фарнæг — куы-иу фезмæлыди, уæд-иу йæ кард сырхæрттывд нæ — тарбын æрттывд фæкодта. Тугæйдзаг ма уыд, уымæн афтæ ’рттывта, æвæццæгæн. Æмæ суанг зæрдæмæ гæпп кодта йе ’рттывд. Уæдмæ ахст лæгтæй иу йæ цæсгомæй йæ къухтæ æриста — йæ цæсгом цæссыг æмæ рыгæй счъиллон — æмæ цалынмæ дзургæ не скодта, уæдмæ Сосланмæ афтæ фæзынд, цыма худгæ кæны лæг. — Æмæ уый дæр нæртон лæг куы уыд. Нартæй куы уыд уый дæр, — загъта лæг, æмæ йе ’фсæртæ нæма ’рсабыр сты, афтæ та сæ æрцахста кæуын. Сослан цæхгæр ныззылди лæгмæ. — Чи уыди нартæй?! — Уыцы мæгуыр далæ! — йæ кæуын ын нынныхъуырын нæ бакуымдта æмæ гуыбырæй баззад лæг. Мæгуыр æмæ тæригъæддаг уыди йæ бакаст. — Уый дæр нартæй уыд, стæй махæн дæр нартæй у нæ фылдæр. Æз дæр нартæй дæн мæнæ. Æмæ лæууыдысты ныхæй-ныхмæ дыууæйæ. Сосланæн йæ кард йæ къухы лыстæг рызтæй рызти. Лæг дзы тарст,
54 Хуыгаты Сергей æвæццæгæн, — йæ сырх цæстытæ та-иу æм базылдта. — Куыд уыди нартæй далæ уый, стæй куыд дæ нартæй мæнæ ды?! — Йæ хъæр фæцыд Сосланæн, æмæ цæхгæр цыма йæ хъуыры исты абадт, уый сабыр фæци. Æмæ йын лæг, уым йæ разы гуыбыр лæугæйæ, радзырдта Сосланæн, иу æмæ дыууæ хатгы кæй нæ фехъуыста Сослан, фæлæ иу хатт дæр йæ хъус кæмæ не ’рдардта, уыцы ха- бæртгæ: кæддæр сæ фыдæлтæ уыцы зæххытæм балыгьдысты, гыццыл хъæутæй дзы æрцардысты обауы алыварс. Нартæй сын сæрфад нæ уыд, сæхæдæг сæхицæн хицау уыдаиккой, уымæн æгæр цъус уыдысты, гуыйгуынтæ арæн ацырдæм- ацырдæм кодтой, æмæ арæнæн йæ фале аззадысты. Нæртон хъæр сæм нал хъуыст, нæртон змæлдыл нал хæцыд сæ цæст, æмæ сæ рохгæнгæ цыдысты нарты ’гъдæуттæ. Стæй сæм нæр- тонæй ницуал баззади бынтондæр. Æрмæст ма уый зыдтой — нартæй афтыдысты сæ фыдæлтæ кæддæр. Æмæ сыл æрхъула сты Сослан æмæ уыцы ахст лæгыл иннæтæ, цыдæриддæр уыдысты, æмæ сæргуыбырæй хъуыстой. Лæг дзырд фæци æмæ йæ цæсгом бамбæрзта йæ æрмтгæй. Уæд Сослан схæцыди йæ кардыл, цы туг ыл фæхъæбæр, уый æрысгæрста йæ уырзтæй æмæ рæхуыст лæгау йæ хъæр фæцыд: — Уæ додойаг куыд фæци, додойаг мæ къона! Уæдæ мæ кард, мæ нæуæг кард йæ тæккæ нæуæгæй нæхи туджы куы сæвдылд, нæхи нæртон туджы! — йæ æрмттæ фæй- нæрдыгæй йæ сæрмæ фæхаста, йæ сæры фæхстыл бап- пæрста йæ æрмттæ — йæ кард йæ къухы уыди, уый дзы рох баци, цы уыди — æмæ ныхъхъил и кард хæрдмæ æмæ æнахуыр сау пиллонæй сыгъд, афтæ зынди: сау æхсидав дары уалæ арвмæ, æмæ йæм кæсынтыл фесты иууыл æмæ федтой — Сосланы цæстытæй ныггæр-гæр кодтой ставд цæссыгтæ, йæ уадултыл æртылдысты — тæрк тылд — йæ рихитæм, стæй рихиты кæрæттæй тагъдысты йæ тæрттæм. Уым йæ цæнгтæ æрæппæрста йæ уæлæ æмæ стыр къах- дзæфтæй араст и дæлæмæ. Хъилдуры фæрсты куы бахызт, уæд цæугæ-цæуын йæ кард æрсагъта зæххы æмæ хъилæй баззад кард, йæхæдæг ацыд дарддæр. Фарнæг лæууыди æмæ касти. Исдуг æм кæнгæ митæ фæзындысты Сосланы митæ, — æмæ дис кодта: цæмæн æй бахъуыди — кæнгæ митæ кæна! Фæлæ уæдмæ йæ цæссыгтæ
Нарты Фарнæг 55 куы ныггæр-гæр кодтой, уæд уыцы хъуыды кæмдæр æнæраны- ран аззад — нæ-нæ, бынтон дурзæрдæ нæу дурæйгуырд Сослан. Нæртон туджы ныккалд ын ронджы ныккалд нæу. Цыди Сослан, йæ ивазгæ къахдзæфтæ йын нæ фаг кодтой, æрхъæцмæ цыма нал хъæцыди, уыйау-иу сæпп-сæпп дæр акодта. Иннæтæ йæм кастысты, Хъилдуры алыварс нымбырд сты, афтæмæй, кæдæм цыди, цæмæ цыди, уый не ’мбæрстой æмæ сыл цымыдис стых и — ныссабыр сты, сæ улæфт дæр нал хъуысти æмæ цыма иууылдæр хъилдуртæ уыдысты, фыдæлтæй нырмæ баззадысты сагъдæй, афтæ зынд. Уæдмæ ахæццæ и, лæгæн йæ сæр æмæ йæ уæхск кæм аззадыс- ты, уырдæм. Йæ зонгуьггыл æрхауди уым, ньптуыбыр — уый уыдтой нартæ, кæугæ кæны — уый æмбæрстой. Стæй баз- мæлыди, йæ хъæбысы йæ æрбакодта, сыстад æмæ йе ’ннæ æрдæг кæм æрхауд лæгæн, уырдæм бацыд. Уый дæр йæ хъæбысмæ хъавыд исынмæ, фæлæ нæ арæхстысты дыууæ йæ хъæбысы æмæ сæ уæд йæ дæлæрмтты бакодта æмæ рараст и фæстæмæ. Цыди Сослан, йæ дыууæ дæларм хаста иу лæгæн йæ дыууæ æрдæджы. Æмæ йæм Хъилдуры алыварсæй кастысты нартæ. Кæсынæй сфæлмæцыдысты æмæ базмæ- лыдысты, йæ размæ адаргъ сты, уæлмæрдмæ куыд адаргъ вæййынц марды фæстæ, афтæ. Куыд æм хæццæ кодтой, афтæ зылдысты æмæ йемæ здæхтысты фæстæмæ. Мардыл сæ ничи схæцыди — куыд ыл схæцыдаиккой мардыл! Хъилдуры фарсмæ æрæвæрдта Сослан лæджы дыууæ æрдæджы, æрбаиу сæ кодта кæрæдзимæ, стæй слæууыд, йæ цæстытæ асæрфта йæ уæлармæй æмæ загъта: — Ам æй бавæрæм арæныл. Уадз æмæ тьыма-тьымамæ арæнгæсæй баззайæд ацы нæртон лæг. Цæрдтæй нæ хызта нæ арæнтæ, ныр сæ мæрдтæй хизæд, æнæбасæтгæ, фидар разы- нæд йæ ингæн. Лæппутæ февнæлдтой — чи арцæй къахта, чи къухæй калдта сыджыт æмæ ацæттæ и ингæн. Лæджы куы бавæрд- той æмæ ингæны сæр дзæбæх куы собау кодтой, уæд ын Сослан йæ дæлфæдтæм йæ арц ныссагъта. Стæй йæ алыварс æртымбыл сты обауæн, сæ худтæ систой æмæ афтæмæй лæууыдысты æдзæмæй. Фарнæг Сосланмæ балæууыд хæстæг. — Иннæты ауадзæм. — Кæдæм?! — фесхъиудта Сослан.
56 Хуыгаты Сергей — Сæ мæгуыр хæдзæрттæм. — Æмæ та нын рагсом ацырдæм æрбахæссой нæ арæн! — О, уыдоны арæн хæссыны мæт бæргæ нæй. Уыдонæн сæ бинонтæ цы бахæрой, ууыл у сæ мæт, уымæй фылдæр мæт кæнын нæу сæ бон. Хъæугæ дæр сæ нæ кæны. Сæ мæличчы къухы та хъултæ сты æрмæст, кæд æй фæнда, суилы сæ, кæд æй нæ фæнда — арф сæ ауадзы йæ дзыппы. Сослан йæ дыууæ æнгуылдзы йæ рихиты стъыста, лæу- уыд æмæ хъуыды кодта — дыууæ ныхасы йын зæгъид уæд та?! Дыууæ дзæбæх ныхасы! Кæннод æм нартæ ныридæгæн сæ фæсонтæ бадардтой , цæмæй сыл сæ сæрмæ схиза. Æмæ сын уæд æлдар скæндзæни йæхи. Нæ æрцытæ нын хуымты ауæдзты ныссадзын кæндзæн михтæн, нæ цирхъытæй куыд рацæгъдæм дзывыры æфсæнтæ, æмæ нæ уæртытæ нæ дуæрттыл куыд ныххуыйæм æдде. Æмæ нæ не знæгтæ фæйнæрдæм карчы цъиутау фæхæсдзысты, стæй ма нартæй баззайдзæн æрмæст уæлмæрд. Фæздæг сæ нал ссæудзæн нартæй. Бакасти Фарнæгмæ. Бæрзонд æмæ бæзæрхыг. Йæ фындз — цирхъы хуызæн раст, æмæ йæ фидар роцъо гыц- цыл фæхæцыди хæрдмæ, йæ къонайау йæ дзырдæн хицау кæй у, уымæн хорз æвдисæн. Кæй йæ уыдта, уый æхсызгон уыд Сосланæн, кæй йæм каст — уый та хъыг. — Æмæ йын сæ хъуамæ йæ армы дзыхъмæ раттæм, цæмæй та сæ æрбауила нæ арæны сæрты, уый дæ фæнды, нæ?! — Нæ, уый нæ фæнды мæн. — Уæдæ?! — уарты зыланг куыд фæцæуа, афтæ фæцыд йæ хъæр Сосланæн. — Цæмæй сæ мауал суила, афтæ фæнды мæн. — Æмæ, хъул кæй къухы уа, уый йæм æнæуилгæ нæ лæууы, нæ, уо нæ зондджын Фарнæг. — Фæлæудзæн æм. Абон æм нæ фæлæудзæн — рагсом æм фæлæудзæн. Йæ зæрдæ нал зæгъдзæни æмæ ма йæ суила. — Уый аргъау у, аргъауы фынгæй та лæг ронг нæ нуазы, физонæг дзы нæ хæры. — Нæгь, уымæй раст нæ зæгъыс — ронг дæр дзы нуазы лæг, физонæг дæр дзы хæры. Уый аргъаугæнæг цы аргъау кæна, уымæ гæсгæ у. Сослан та йæм бакасти Фарнæгмæ, нæ йæ фæндыди бакаеса, йæм, афтæмæй. Æмæ йæхицæн загъта: гъеныр æм акæс æмæ — гъа, кæддæра истæмæй фæчъил уа! Дарæг дæ
Нарты Фарнæг 57 мауал уа, ды та аргъуц фæкæ иухатт æмæ гыццыл фæстæдæр алæуу! Нæ, ай лæгæн фæндаггон æмбал нæу. Æмæ ма йæм сдзурын хъуыди истытæ, фæлæ мæтъæл- гомау уыди Сослан, æмæ йæ къух æрæппæрста йæ уæлæ. — Ауадз сæ, стæй, кæй кæм хæра, уым ныхдзæн, — йæхæдæг азылди йæ мидбынат, йæ чъылдым раздахинаг уыд Фарнæгмæ, иннæтæй искæмæ исты куыд адзырдтаид, афтæ, фæлæ сæ никæмæ ницы адзырдта, стæй лæугæ дæр не ’ркодта æмæ фæстæмæ æрзылд Фарнæгмæ. Æмæ та нæуæгæй загьта уæд: — Ауадз сæ, стæй бæрæг уыдзæни, хъултæ сты æви тохситæ сты, уый. Ахст лæгты нæ уырныдта, уадзгæ сæ кæнынц, уый — сæ къухтæ æруагътой æмæ сæ сырх цæстытæй уæлæмæ кас- тысты Фарнæгмæ. Стæй сæ иу йæ гомсæрыл йæ армытъæ- пæнтæ æрæвæрдта — æвæццæгæн, йæ худ знон цыдæр æгъ- дауæй ахауд — куыд бадти, афтæ йæ зонгуытыл æрлæууыд. — Уæдæ уал нæ бауадзут æмæ нæ мæгуыр æмбалæн йæ сыджытыл фæйнæ цæссыджы æрæппарæм. — Лæугæ скæн, — йæ цонгмæ йын æрæвнæлдта Фарнæг, схæцыд ыл æмæ куы слæууыди, уæд ын цыма истæмæй ныфс æвæрдта, уыйау загъта: — Удæгас лæджы раз дæ уæрджытыл макуы ’рлæуу, дæ зæрдыл дар: ды дæр лæг дæ. Уæдмæ сæ фæндаджы кой кодтой нартæ. Кæстæртæ дыууæ дихы фесты — сæ иутæ сынты алыварс бамбырд сты, сæ иннæтæ — Уæны, æмæ фезмæлыдысты. Фарнæг сæ фæдыл араст, нæ йæм хæцæнгарз уыди, нæ хæссинаг æмæ дзæбæх цыди сæ фæстæ. Фæцæй сæ ’ййæф- та, афтæ ма фæстæмæ иу каст ракодта æмæ фæлæууыди йæ цыдæй: лæгты кæм ныууагъта, уым слæууыдысты кæ- рæдзийы фæстæ æмæ кæугæ, сæ гом сæртæ сæ тъæпæн æрмттæй цъыччытæ кодтой, афтæмæй бараст сты се ’мба- лы ингæнмæ. Сæ бирæ æгъдæуттæй ма сæм иунæг уыцы æгъдау баззади, æвæццæгæн. Уый сæ тагъд нæ ферох уы- дзæн, уый цæрæццаг æгьдау у — мардæн кад кæныны æгъ- дау. Фæстæмæ куы ракаст, уæд ауыдта Сосланы: бæрзонд йæ бæхыл бадт, йæ бæхы дзых хæлиуæй баззад, æвæццæ- гæн, згъæллаггом æрбалхъывта æгæр. Йæ тахъа худ йæ сæ- рыл йе ’рфгуыты онг конд, йæ бæх куы фестъæлфы, уæд та йæ басылыхъхъы кæрæттæ фæтынг вæййынц фæстæмæ, æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд Фарнæгæн, æрдæбон йæ цæссыгтæ
58 Хуыгаты Сергей куыд æркалдысты, уый. Нæ йæ бауырныдтаид, никуы, Со- сланы цæссыгтæ ньптæр-гæр кæной, йæхæдæг æй куы нæ федтаид, уæд. Æмæ ноджы цы цæссыгтæ уыдысты! Ставд цæстысыгтæ, тымбыл, ехсы фындзæй сын банымайæн уыд. Нæ, афтæ дурзæрдæ лæг нæу — уæд æй адæм зониккой, æмæ йын ахæм цыт нæ уаид се ’хсæн. Адæмы цæстæй ацы дунейыл ницы ирвæзы æппындæр. Риссы нартыл, сæ зын æм хъары, æнæуи та сын йæ æххуысæй йæ зиан у фылдæр. Уыцы хъуыдытæ куыд кодта цæугæ-цæуын Фарнæг, афтæ йæ цæстытæ æрхæцыдысты дыууæ бæхджыныл — уартæ Уазмыкъуыппы рæбынты æрбазылдысты æмæ сын сæ фæндаг æрбалыг кæнынц уартæ. Бæхджынтæ фæрсæй- фæрстæм нæ цыдысты, сæ иу цыд разæй, иннæ та — фæсте. Разæй чи цыд, уый йæ сæрмæ хъилыл тырысайы хаст кодта æнахуыр цыдæр, æмæ сæм кæсгæйæ баззади бæхджынтæм Фарнæг. Куыд сæм хæстæгдæр кодтой, афтæ æвзарын байдыдта — раззаг бæхджын йæ сæрмæ хъилыл кондæй цы хаста, уый кæд нæ уыди басылыхъхъ, хуымæтæг басы- лыхъхъ! Æмæ дисыл бафтыди: цæмæн бакодтой хъилыл басы- лыхъхъ ацы дыууæ лæджы æмæ йæ тырысайы хаст цæмæн кæнынц?! Бæхты цапуал цыдæй басылыхъхъы къабæзтæ айтынг сты, цыдæр цæрдæг тыбар-тыбур сыл бафтыд. Батындзыдта йе ’мбæлттæм Фарнæг. Уæдмæ бæхджынтæ дæр æрлæууыдысты сæ разы. Раззаг йæ хъил зæхмæ æр- уагъта, басылыхъхъ хæрæгдым кæрдæгыл атымбылтæ, æмæ Фарнæгмæ исдуг уарийы хуызæн фæкасти, арвыл чи тахт æмæ фаты цæфæй зæхмæ чи ’рхауд, ахæм уарийы хуызæн. — Фарн уæм бадзурæд, нæртон адæм! — дзуры раззаг бæхджын хъæрæй. — Хатыр уæ курæм, уæ фæндаг уын кæй къуылымпы кæнæм, уымæй, фæлæ нæ хъаст кæмæ ба- хæссæм, уый нæй, æмæ нын маст нæ зæрдæты ауындзæнтæ ’хсыны. Ныр дыккаг бон зилæм иу æнаккаджы фæдыл — нæй, нæ йын арæм йæ фæд. Кæнæ йæ арв йæхимæ фæхаста, кæнæ йæ зæхх аныхъуырдта. Мæнæ ма ацы басылыхъмæ æркæсут, кæд уæ йæ исчи искæй уæлæ федта, уæд нын æй ма басусæг кæнæд. Мах æй уæддæр ссардзыстæм, уый фæстæ мæлинаг стæм, æндæр нын ницуал баззад ацы стыр дунейы. Нартæй иутæ басылыхъмæ кастысты, иннæтæ кæрæ- дзимæ — кæцæй сæм æрхауд а басылыхъхъ ацы æнахуыр бæхджынтæм?!
Нарты Фарнæг 59 Сослан йæ кард фелвæста, фæцыди йе ’хситт кардæн æмæ дзы хъилæн лæджы къухмæ — дзæхст. Æмæ ма иу дыууæ æрмæрины аззад хъилæй лæджы къухы ’рмæст, иннæ басылыхъхъы уæлæ зæхмæ ’рхауди. Стæй йæ бæ- хыл фесхуыста Сослан æмæ сæ басылыхъхъæй, хъилæй сæууæрста йæ бæхы къæхтыбын. — Чи куыдз-чи хæрæг æрлæууыди нæ фæндагыл?! — ныннæрыди йæ хъæлæс æмæ уартæ Уазмыкъуыппырдæм нæр- гæ ацыди. — Æмæ мах сынт куы хæссæм, уæд ма искуы уый æрцыди, æмæ сынтхæсджыты æруромай æмæ сæ иу басылыхъхъы хæррæгьæй рафæрс-бафæрс сисай? Æви нын æн- дæр аргьуц нæ кæнут?! Æмæ уæд мах кард сласын дæр зонæм. — Уæ, ме ’фсымæр, мах дæр сынтхæсджытæ стæм, чындзхæсджытæ не стæм, ма тæрс, сымах иуырдæм хæс- сут уæ сынт, мах — иннæрдæм. Сынтхæсджытæн та иу зæрдæйы уаг вæййы æмæ кæрæдзийы бамбарынц. — Мах сау сынт нæ хæссæм, — загьта Фарнæг, æргуыбыр кодта, басылыхъхъ хъилæй рафтыдта, ацагъта йæ æмæ йæ лæгмæ слæвæрдта уæлбæхмæ. — Цардæй бафсæд! — айста йæ лæг æмæ йæ, хъилæй ма йæ къухы цы аззад, ууыл бакодта. — Уæддæр нæм ды æгæр тызмæг сдзырдтай, уæртæ лæг, æмæ сдзурын мах дæр зонæм, фæлæ нæ цæстæй нæ туг мизы, чи цы у, уый нæ уынæм, æмæ афтæмæй дзурын дæр зын у. — Уæ туг мизы, уæ сой мизы — мах цæф уын нæу, æмæ уæ фæндагыл ацæут, дзæбæхæй. Фарнæг йæ цæстытæ нæ иста иннæ бæхджынæй — бæх- джынæн цыма йæ цæстытæ цъынд уыдысты, афтæ зынд Фар- нæгмæ. Æмæ уыцы цъындæй ныккомкоммæ сты саргъы гоп- мæ. Æндæр ницы уыдта, никæй уыдта, — йæ разæй чи цыд, басылыхъхъ чи хаста йæ сæрмæ, уый дæр нæ уыдта, — æмæ йæ искæй куы фенид, уый дæр нæ фæндыд. Афтæ зынд, цыма бæхы рагьмæ дæр барвæндонæй не схызт, фæлæ йæ тыххæй систой. Æмæ бамбæрста Фарнæг: цы ’рцыди, уый ууыл æрцыди, дыккаг барæгыл. Уæдмæ та фыццаг барæг, хъилæй ма цы аззад, уый йæ сæрмæ сдардта, басылыхъхъ нæ айтынг и фæстæмæ, — æрзæбултæ и лæджы сæрмæ, æмæ йæм кæсгæйæ баззади Фарнæг — кæйдæр уæлæ йæ федта цыма, бæрæг кæйдæр уæлæ, фæлæ — кæй, уый рахатын йæ бон нæ уыд æмæ йæм ноджы касти. Кæцæй сæм æрхауд,
60 Хуыгаты Сергей æмæ йæ афтæ цæмæн хæссынц сæ сæрмæ, стæй йæ цас хъуа- мæ рахæсс-бахæсс кæной, мæнæ афтæ? Уыцы хъуыдытæй цыдæрхуызон æрæнкъард и йæ зæрдæ. Афтæ йæм зынын байдыдта — æнцой нал ссардзысты ацы дыууæ лæджы, цæудзысты ’мæ цæудзысты ацы тыгьд быдырты уыцы басы- лыхъхъимæ. Стæй басылыхъхъæй ницуал баззайдзæн, тынд æмæ æвзыд фæуыдзæн дымгæтæ ’мæ къæвдатæм. Уый фæстæ сæхицæй дæр ницуал баззайдзæн — нал лæгтæй, нал бæх- тæй, æмæ ма баззайдзысты се ’ндæргтæ æрмæст. Æмæ цæрд- дзу кæндзысты се ’ндæргтæ — лæгтæн дæр, бæхтæн дæр æмæ басылыхъхъæн дæр, æмæ сæ адæм тæрсдзысты. Æмæ æрфæндыди Фарнæджы — истæмæй сæ куы ба- фæрсид æмæ йын куы зæгьиккой исты: нæ, нæ цæрддзу кæндзысты ацы быдырты, æмæ сын куы баууæндид сæ ныхасыл. Фæлæ Сосланæй йæ ныфс нæ хаста — хъыг та куы уа Сосланæн. Йæ цæсты зулæй йæм бакаст. Уæртæ зынджытыл лæууæгау дыууæрдæм кæны йæ бæх. — Ацæудзыстæм, — дзуры лæг уæдмæ. — Махæн цæуыны йеддæмæ ницуал баззад. Цæудзыстæм æмæ цæудзыстæм, цалынмæ нæ удтæ нæ мидæг уой, уæдмæ. Фæлæ нæм ды афтæ схуыст ныхас цæмæн кæныс, — баздæхт та Сосланмæ лæг. — Бафарстам уæ, æмæ фæрсын мады æлгъыст нæу, цæмæй нæ бафæлмæцыдтæ уагæры?! Æмæ цæхгæр фездæхта йæ бæхы лæгтырдæм Сослан. — Ам цал дзæгъæл цæуæджы уа, уал нæ афтæ куы урома, уæд нæм митæ куы и! — Митæ махмæ уыдзæни, уыцы æууæнкхоры куы ссарæм, уæд. Сослан та сæм исты тызмæг ныхас куы сæппара, уымæй æдас нæ уыд Фарнæг æмæ йæхи нал баурæдта. — Уæ хъаст нæм хъавыдыстут хæссынмæ бæргæ. — Æмæ нын мæнæ ацы лæг нæ мастыл цæхх æркалд- та æмæ дудынмæ фæци нæ маст. Мард ныл æрцыди, ме ’фсымæр, судзаггаджы мард. Æндæрæбон чындз æрхастам. Фæцин кодтам нæ чындзыл — чындз нæ уыди, фæлæ зæд. Чындзæхсæв йæ тынгыл уыд, афтæ нæм нæ мæ- ликкæй ныхас æрхæццæ — чындзы мæнмæ рарвитут, æз ын лæвæрттæ ракæнон. Арвыстам æй, цæмæй зыдтам, æмæ, мæликк чындзыты, лæвæрттæ сын ракæна, уымæн нæ фæкæнын кæны йæхимæ! Уымæй аирвæзти чындз —
Нарты Фарнæг 61 сæрæн чызг уыд, сыгъдæгуд, мæ зынг дзы бахуысса ’мæ дзы мæ туг ныккæла, уас! Фæлæ йыл уым мæличчы цæхæ- радоны чидæр бамбæлд æмæ йыл тыхæй ныххæцыд. Уый худинаг не ’рхаста йæ сæрмæ, йæ басылыхъхъ æм бафтыди. Мæнæ ацы басылыхъхъ, æмæ дзы бæласыл æрцауыгъта йæхи. Уыцы ныхæстæм æнæнхъæлæджы базмæлыд иннæ барæг, йæ уæларм йæ былтæм схаста æмæ стæй куы æриста йæ былтæй йæ арм, уæд йæ бинаг былыл туджы æртах ауындзæгæй баззад. — Уый дын нæ хабæрттæ. Фарнæг сæргуыбырæй хъуыста лæгмæ, ныр дзырд куы фæци лæг, уæд ма басылыхъмæ иу каст скодта æмæ зæхмæ æруагъта йæ уæззау цæстæнгас — зæхх фидар у, зæхх алцыдæр уромы. — Ныр кæд комдзог рацæуид йæ хицауыл ацы дзаума, уый тыххæй йæ нæ тырысайау бæрзонд хæссæм нæ сæрмæ. — До- дой мын дæ къона кæны, — уæлæмæ скасти басылыхъмæ лæг, — кæнæ дын дæ туг калдзынæн, кæнæ дын мæ туг калын кæндзынæн. Кæрæдзийы фæрсты ахизæм, уыцы амал нын нал и, — лæг йæ хъилыл уæлдæр схæцыд æмæ араст сты далæ гуыйгуынты арæнырдæм. Нартæ гуыбыр æмæ уæнгуагьдæй баззадысты. Фарнæг сæ фæстæ касти, æмæ та йæм æрыздæхти æрдæбоны хъуыды: цас цæрддзу кæндзысты ацы тыгъд быдырты! Стæй сæхæ- дæг куы нæуал уой, фæлæ ма се ’ндæргтæ куы баззайой æмæ уыдон куы райдайой цæрддзу кæнын æмæ сæ адæм сывæллæтты куы тæрсын кæной. Стæй се ’ндæргтæ дæр куы нæуал уой, сæ диссаг куы баззайа æмæ фæлтæрæй- фæлтæрмæ куы цæуа адæмы ’хсæн. Уæд уæлбæхæй йæ уæлхъус алæууыд Сослан Фарнæгæн. — Ды та дæхи Хуыцауы бар цæмæннæ æруадзыс, мæнæ лæппу? Чи дæ дæттæг кодта уыцы басылыхъхъы зæронд?! Æз æй мæ бæхы къæхтыбын ныккодтон, ды та йæм æй дæтгæ кæныс?! — Уый бæхæй хизын хъуыд, æз фистæг уыдтæн, æв- вахсдæр уыд мæнмæ æмæ йæм æй слæвæрдтон. Æгъдау афтæ амоны, нæртон æгъдау. Æгæр хъавгæ-баргæ йæм кæй дзырдта Фарнæг, уый дæр хардзау каст Сосланмæ. Сосланмæ загъд цыди, йæ маст скалын æй фæндыди Сосланы, йæ маст та хъуамæ судзгæ пихлæйттæй
62 Хуыгаты Сергей скæла йæ хъæлæсæй, æнæуи нæ комы йæ маст калын Сосла- нæн. Æмæ йæ ауыл хъæуы калын, а Фарнæгыл. Кæннод йæхи- цæй ныббуц уыдзæн æгæр . Йе ’фсымæры фæдыл ацыд иунæг уды къоппайæ, æмæ дзæбæхæй бафтыди йæ къухы. Уæдæ ма Уæрхтæнæджы дæр ссардга кæмдæр. Йæ кой дæр фесæфт нарты уæзæгыл, ай йæ ссардта! Æмæ та ныр нарты хистæртæм бай- хъус! Нæ, йæ ных ын бацæвын хъæуы, дзæбæх, дзæбæх, куыд æм бахъара, афтæ, — æмæ йæм ноджы хæстæгдæр баскъæрдта йæ бæх. Æмæ йæм рагуыбыр уæлбæхæй: — Кæм мын ралæг дæ, кæ?! Кæцы стæры ныббырстай разæй, кæцы хæстæй хъуысти дæ хъæлæс «Маргæ!» Цал знагæн растыгътай сæ сæрдзæрмттæ? Цал хатты фæфос код- тай æмæ сæ цал хатгы байуæрстай нарты мæгуыртыл? Цал хатгы атардтай нарты фос сау зæххытæм, нарты зæххыл-иу залты мит куы ныууарыди, уæд?! Цал хатгы фервæзын кодгай нарты гуыппырсарты гуымиртæ ’мæ уæйгуыты хастæй?! Æз ницы федтон æмæ ницы фехъуыстон ахæмæй нырма. Кæд раст нæ зæгъын, уæд мын æй æрлæууын кæн мæ зæрдыл — кæд уыди ’мæ кæм уыди?! Уæдæ дæ бон зон — бон зонын æвæсмон хъуыддаг у. Стæй дæ зæрдыл дар — дæ разæй ис Сослан! Зæрдыл цы дарай — нæ риссы зæрдæ уымæй. 5 Уыцы бон ма хур уæлæмæ цыд, афтæ арæныл æрфис- тæг сты нартæ лæг-рæгъауæй. Кæстæртæ бæхтыл сахсæн- тæ бакодтой, стæй мусонг аразыныл балæууыдысты. Со- слан, Бырсæг æмæ Сагахс былгæрон æрбадтысты хæрæг- дым кæрдæгыл. Хæрæгдым æнахуыр хъæбæр уыд. Сагахс æмæ Бырсæгæн сæ фæсмын хæлæфты ныхсти æмæ фæй- нæрдæм рабад-бабад кодтой. Сосланæн цармæй хæлаф уыд, хæрæгдым дзы нæ ныхсти, фæлæ æнæуи рафт-бафт кодта уый та — тыхсти, сабыр кæй уыди йæ алыварс, ноджы рухс æмæ хъарм, уымæй. Æмæ та-иу фæтынг сты йæ цæс- тытæ æмæ та-иу сæ далæ арвы кæронмæ фæцарæзта, стæй- иу сæ æрзылдта, йæ цæстырухс кæй онг æххæссыд, ууылты. Далæ сæ акомкоммæ, стыр хъæды æддеу айгуырты зæхх. Уыцы дæлæмæдзыд зылын-мылын рæгътæ ’мæ уæлæнгай æрхытæ, сæхи хуызæн уыди сæ зæхх дæр — хъуызæнтæ æмæ ’мбæхсæнтæ. Сæ фарсмæ — айгуынтæ. Адон иу
Нарты Фарнæг 63 адæмыхатт уыдысты айгуыртимæ, сæ царды гакк иу уыд — давын æмæ марын. Стæй — маргæ сусæгæй, чъылдымырдыгæй, давгæ куыд чыидæуы сусæгæй, афтæ. Æмæ сæм кадджын уыдысты, маргæ чи кодта æмæ давгæ, уыдон — æмæ давтой æмæ мардтой иууылдæр. Сæрæндæр чи уыд, уыдон дарддæр æфтыдысты, æнæсæрæндæр чи уыд, уыдон та уым давтой, сæ кæрæдзийæ. Æниу сæм давинаг дæр цы уыд, стуртæ ’мæ бæхтæ. Уæддæр хъуццытæм æмхицдæр уыдысты. Æмæ-иу бирæ хъуг иу æхсæвмæ цалдæр давды дæр фæци. Ахæм адæм уыдысты — цы айгуыртæ, цы айгуынтæ. Айгуыртæй хурыскæсæнырдæм цы хæхтæ ахастой, уыдон та — гуымирты цæрæн бынæттæ — бæрзонд хæхтæ уыд гуымиртæн ракæсынæн æмæ стыр тьæпæнтæ хор тауынæн. Ноджы уымæй уæлдæр — уæйгуыты бæстæ. Галиуырдыгæй — гуыйгуынтæ. Бакæс сæм — æмæ худгæбыл адæм. Сæнæфсир сæм хорз зади, сæн аразын дæр дзы хорз зыдтой æмæ æнцъыхтой сæн. Стæй-иу сыл зарын бафтыд. Сосланы зæрдæмæ нæ цыдысты гуыйгуынтæ дæр — уæдæ уыцы худгæбылæй цы расайынмæ хъавынц! Стæй уыцы разар- базар дæр цы пайда у! Гуыйгуынтæй галиуырдæм акæс æмæ Азырты хох — далæ, йæ сæрыл цыма мæсыг амад и хохæн, уыйау арвмæ фæцыди. Уым йæ быны хохæн сæ хъæутæ Азыртæн. Зынгæ нæ кодтой, дард уыдысты ’мæ. Хорз зыдта Сослан бæстæтæн се ’ппæты дæр — цалдæр хатты сæ кæм нæ балæууыд, ахæм сæ нæ баззад. Фæлæ сæ къонайы фарсмæ никуы æрбадт, йæхи сæ никуы никæй артмæ батавта. Уæдæ йын сæ цæхх æмæ кæрдзын дæр никуы ничи æрхаста йæ размæ. Æмæ сæ, кæцы бæстæйы кæд æмæ кæд уыди, кæимæ дзы уыди, уыдæттæ нал лæу- уынц йæ зæрдыл. Æмæ йае хъæугæ дæр ницæмæн кæны, лæууой йæ зæрдыл, уый. Йæхи сæ кардæлвæстæй ауыны уыцы бæстæты — мæнæ æрсæрфдзæни йæ кард, æмæ дыууæ дихы фæуыдзæни, кæуыл æй æрсæрфа, уый. Кæнæ фескъæры цапуалæй йæ бæхы йæ тæлæты фæстæ, уæддæр йæ кард йæ къухы — цæттæ хъуамæ уа ахæм ран лæг, æмæ йæ кард йæ къухы уа хъуамæ уæд лæгæн. Уым уыцы æвдæлон рахъуыды-бахъуыды куыд кодта, афтæ йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ кард, йæ нæуæг кард, знон Хъобайы кард æхсæр уисау кæмæй атæхын кодта,
64 Хуыгаты Сергей Чынты Хъобайы тесмел кард, уый, гъе. Йæ зæрдæ æхсыз- гон хæлбурцъ систа. Æмæ йæ сласта — сабыргай йæ сласта, кæддæра сабыргай ласгæйæ та куыд æхситт кæны! Дæргъ- вæтин рауади йе ’хситт, йе сласт куыд рауади дæргьвæтин, афтæ, æмæ йын уый дæр æхсызгон уыди. Сласта йæ æмæ йæ дæлæмæ адардта æмраст — карды фындз уыд айгуыр- тырдæм арæзт, цыма сæм æй æвдисгæ кодта, стæй канд æвдисгæ нæ — æртхъирæнтæ дæр сæм дзы цыма кодта. Кард цæхæртæ калдта, æмæ йæм Сагахс æмæ Бырсæг фæйнæрдыгæй цъынддзæстæй кастысты — сæ цæстытæ сын сыгъта йе ’рттывдæй æмæ сæ дзæбæх кæсæн нæ уыди. Уæддæр æм Бырсæг хæрæгдымы лæгъзыл æввахсдæр ба- бадти, бакаст-иу æм æмæ та-иу æрцъынд кодта йæ цæстытæ. — Цымæ сæ кæй тугæй раздæр сахуырсдзæни а кард, — йæ хъæбæрхъис рихитæ базыр-зыр кодтой Сосланæн, — далæ уыцы ницы-мацы адæмтæй? Хуыцау, дæуæн табу! Ды радтай ацы кард мæнæн — æз дæуæй дæн бузныг. Сыгъдæг туджы куы сæвдулы нæуæг кард, уæд, дам, йæ ком кæрдагдæр вæййы, æмæ мын ахъаз бакæн! — Куыд дын æй радта Хуыцау, а кард, ома? — базыл- дта йæ цæстытæ Сагахс Сосланмæ. Сосланмæ дзурын нæ цыд — кæд æм фæцæуы дзурын та Сосланмæ! Фæлæ иуæй фæлмæцыд сабыр бадынæй, иннæмæй — йæ кард, йæ нæуæг кард! Куыд нæ дзы зæгъа истытæ! — Куыд мын æй радта, куы, ацы æнæфæныкæй хъал Хъоба мæ дуарахæсты куы бакодта йæ уæнгуыты тыххæй, уæд сæм фæцыдтæн агурæг. Æмæ уыцы дурыл бамбæлд- тæн — лæмы сагъдæй лæууыд æмæ пиллон калдта, куыд- дæриддæр арт кæнай æмæ, уый кала пиллон, афтæ. Мæхи йæм батавтон дурмæ, ссур æм кодтон мæ пысултæ. Стæй йæ сæккой кодтон æмæ йæ рахастон — базыдтон æй, цы- ДæР У> уый. Æмæ Хуыцауы фæнд йеддæмæ æндæр фæнд нæй. Хъоба мæ куы нæ суынгæджы кодтаид, уæд нæ ацыдаин Лæхъыбыдырмæ. Нæ ацыдаин — дур не ссардтаин — кард нæ рацæгьдын кодтаин.Æмæ Хъобайæн йæ хъуытазхъæлæс кард нырма йæ фарсыл бастæй лæууид. Уæддæр мын мæнæ Сатана нæ уыд, уæд дзы афтидæй баззадаин! — йæ сæр нытгылдта тынг Сослан æмæ йæ рихиты дæрзæг дзæгь-дзæгь ссыди. — Æмæ тæвд нæ уыди? — бафарста Бырсæг.
Нарты Фарнсег 65 — Тæвд та куыд нæ уыд, фæлæ судзгæ нæ кодта, æнахуыр уыд йæ тæвд дæр. — Æмæ дзы афтидæй та куыд задтæ? — ныр та Сагахс бафарста Сосланы.. — Куыд, куы, æмбæхсдзæни, дам, дын æй уыцы кæрдзын- хъус Куырдалæгон, фæлæ уал, дам-иу дзы раздæр туас аца- разын кæн дæхицæн, æмæ йæ "уд кæнын не суагътон æз дæр. Æз ын, афтæ-афтæ, ме ’рчъитæй ницуал аззади мæ уæлæ, æмæ сæ, æзын, арæхсон. Æмæ мын дзы иу къæртт-мурæй ацарæзта туас. Æмæ та мын Сатана бацамыдта уæд: ныр, дам, дæм дæ карды ивддзаг æндæр кæрдтæ хæсдзæни æмæ, дам, иу сын сæ фистоны рæбын туас фæтъысс, кæд дзы ахи- за туас, уæд, зон, дæ кард нæу, æмæ дæхион агур. Æмæ мæм цал карды рахаста! Æмæ та-иу сæ агæпп ласта туас. Уæд æм мæхи фæгæмæл кодтон, æзын, кæмæй хынджылæг кæныс, кæ?! Æмæ йæ уæд рахаста, йæ цæстытæ туджы разылдыс- ты, афтæмæй, кæм, дам, æй æрæвæрдтон, уый, дам, мæ ай- рох. — Дзырдта Сослан æмæ йæм хъуыстой æнæ хъыпп- æнæ сыппæй Сагахс æмæ Бырсæг — кæд ма сын уыдзæн афтæ дзæбæх гæнæнтæ Сосланмæ хъусынæн! Ныхас дзы арцы бырынкъæй куы хъæуы къахын. Æмæ сæ кардмæ бавналын дæр фæндыд — уый лæгъз фистоныл дæ арм æртух дзæбæх, хæрдмæ йæ сис æмæ йыл, хур пиллон куыд уадздзæн, уымæ кæс! Фæлæ уæдмæ карды бырынкъ кæрддзæммæ фæцарæзта йæхи, æмæ, куыд цыди кæрддзæмы кард, уымæ хъуыста Сослан. Стæй базмæлыд йæ бынаты. — Уæдæмæ ма фæдих уæм æмæ нæ арæнтыл азилæм фæйнæрдæм. Нæ иутæ — иуырдæм, не ’ннæтæ — иннæр- дæм. Ам дæр исчитæ баззайæд. Бырсæг, ды баззай ам. Уайтагьд абадгысгы сæ бæхтыл. Сослан гуыйгуынты ’рдæм ауагъта йæ бæх гæпдугъæй. Йæ фæстæ иу къордæй фæца- гайдтой сæ бæхтæ. Гуыйгуынтæ ахæм адæм уыдысты æмæ сыл æхсæв бон нæ кодта, бон — æхсæв сæ арæнтыл ахæцыны мæтæй. Уый, æвæццæгæн, сæ фыдæлтæ æнæ зæхх кæй уыдысты, уымæн афтæ уыд — сæ туджы баззади зæхмондаг. Æфсадæг сæ цы доныбыл æрцæрын кодта, уый нартæн сæхирдæм æрбатасыд æрдынау. Йæ раздæры фæдтæй иу иннæйы фæстæ зади донæн. Нартæ æнæмæт, стырзæрдæ адæм уыдысты. Уыдæттæм сæ хъус нæ дардтой. Уым сын 5 Хуыгаты Ссргсн
66 Хуыгаты Сергей донæн йæ фаллаг фарс æмбисонды цъæх-цъæхид обау уыд. Куывдтæ дзы кодтой раджы. Хистæртæ-иу уым бадтысты, обауы сæр цы тьæпæн и, уым. Æмæ-иу уырдыгæй кастысты, обауы алыварс, чызг æмæ лæппу фæсте куыд нæуал баззад, сæ симд хæрдгæбыды хуызæн обауыл куыд æртыхст, уымæ. Стæй цæрджытæ фæзынд обауы алывæрсты — лыгьдысты йæм, куыд вæййы, афтæ, мæгуыргъæд чи хаста, цæрын чи нæ фæрæзта, уыдон. Сæ зæрдæ дардтой сæ нæуæг бынæттыл — хъæздыг зæххытæ, кæсагджын дон, уый хуызæн обау! Исдуг рацæрæг сты, цалынмæ сыл ныхас нæ бацыд гуый- гуынты хицауадмæ æмæ сыл хъалонтæ нæ сæвæрдтой, уæдмæ. Æнæуи дæр сæ æрбайстой сæ къухмæ. Æрхæцы- дысты сыл, æмæ сæ сызмæлæн нал уыд. Бæргæ ма араи- ваз-баиваз кодтой сæхи, фæлæ сæ тæлфын дæр нал суагъ- той, сымах, дам, гуыйгуынон адæмыл нымад æрцыдыстут. Цæй нæртон адæм æмæ, дам, цæй цыдæр! Сæхæдæг сæ уд скъуыдтой гуыйгуынтæ, нартæ сæ зæхмæ сæ хъус нæ да- рынц, уый куы бамбæрстой, уæд — ратоной ма дзы иу гæппæл, искæуылты ма дзы иу гæппæл æрбакæной сæхи. Цыфæнды хуызæн гæппæл дæр фæуæд, зæххы гæппæл уæд, уыййеддæмæ! Сослан уыцы хабæрттæ нæ зыдта, йæ хъустыл-иу æрцыдысты, фæлæ-иу сæм йæхæдæг не ’рдардта йæ хъус. Нæ йæ ’ндæвтой. Ныр дæр арæныл азилой, уыцы фæнд æм æнæуи æрцыд, иу ран бадын нæ фæрæзта ’мæ уымæн. Обаумæ куы баввахс сты, уæд сæ бæхтæ бацагайдтой, афтæмæй хъæргæнгæ æмæ хъихъхъытæгæнгæ донæн йæ дыууæ фæрсты фесты. Æмæ уым, дон нарты ’рдæм кæм ба- тасыди тынг, уыцы ран цалдæр гуыйгуынон лæджы се ’хсæн куы аззаиккой, сæ цæнгтæ счъил, сæ хæлæфты къæхтæ тылд хæрдмæ сæ уæрджыты сæртæм, сæ къухты — къахæнтæ, фый- йæгтæ. Нартæ сæ алыварс æркалыдысты сæ бæхтæй. Фаер- сынц сæ: чи стут? цы стут? Æмæ, дам, афтæ-афтæ гуыйгуы- нон адæм стæм, мæнæ, дам, нæ кæсагахсынмæ рарвыстой. Ныр гуыйгуынтæм ахæм стырбон уыди, иу рагон стырбон, раст æй хурхæтæны кодтой, æмæ-иу иу рæттæм æрæмбырд- тæ сты уыцы бон, стыр æртытæ-иу скодтой, стæй-иу сæ пысултæ раластой æмæ-иу сæ кæрæдзийы буар стад фиуæй ахъаззаджы сæрст бакодтой. Уый фæстæ-иу артмæ тавын байдыдтой сæхи. Фиуы тæф-иу буары тæфимæ баиу и,
Нарты Фарнæг 67 мигъау иу стад уæлæмæ æмæ-иу сæ сæрмæ сбадти мигъау. Нæ-иу дымгæтæн куымдта хæссын, нæ-иу æй къæвдайы бон уыди фæласын. Маргъ-иу нал тахти гуыйгуынтæн сæ сæрты. Ныр нартыл сæмбæлд уыцы тæф, сæ зæрдæ сæ хаста, уæддæр сæ куыд нæ фарстаиккой, цы мигæнæг сты, уымæй! Æмæ, дам, дон скъуынæм, стæй, дам, кæсæгтæ сурыл куы аззайой æмæ, дам, сæ куы рауидзæм, уæд та, дам, рауадз- дзыстæм дон йæхи фæдыл. Æмæ та сæ фæрсынц нартæ: — Гæр æмæ, кæд дон кæсаг ахсыны тыххæй скъуыдтат, уæд æй хæстæгдæр рæтты цæмæннæ уагътат уартæ кæм æмæ кæм баззад дон! Æмæ, дам, ауылты лæнк рахаста æмæ, дам, æцондæр уа- дзæн уыд ауылты. Ныр цæй лæнк рахаста! Кæм уыди лæнк! Сосланы зæрдæмæ нæ фæцыдысты гуыйгуынтæ. Уæдæ цæй кæсаг æмæ цæй æндæр! Де ’дде се ’взаг сæ дзыхы куынæуал бады, сæ зыр-зыр куы цæуы! Иннæ ахæм, сæ тæф. Æмæ нывнæлдта йæ карды сæрмæ. Æмæ йын Арсаг æрхæцыди йæ къухыл, далæ Алæгаты Арсаг, хæстæг лæуд æм фæци ’мæ. — Гъеныр адон амардзыстæм, уымæй ныл цы бафтдзæн?! — Æмæ сæ ауадздзыстæм, уымæй ныл цы бафтдзæн! — ныззылди лæппумæ Сослан. — Уымæй дæр ныл ницы бафтдзæн, раст у, — фæтасыд Арсаг, фæлæ ма уæддæр загъта саст хъæлæсæй: — Мæгуыр адæм сты адон, мах хуызæн сæ алкæмæн йæ бар йæхи куы нæ у. Цалдæргай хицауы сын сæвæрдта сæ мæликк, фæстæмæ фæцъыззытт кæной сæ хицæутгæм, уый сæ бон нæу, æгомыг фосæй уæлдай. Æмæ сын сæ уд бахордтой сæ хицæутгæ, бакæс-ма сæм, кæддæра сæ удæртау искæй мидæг ис. Сослан кæсгæйæ баззади Арсагмæ — цытæ лæхуры, цы?! Æнæуи йæ уынгæ фæкæндтытæ кодта кæддæрты, фæлæ чи у, кæцы нартæй у, уыдæттæн ницы зыдта. — Æмæ сын мæ цæф у, сцъыззытт кæнын нæу сæ бон æмæ! — Мæхæдæг дæр мæ иу къухæй ме ’ннæ къухыл хæцын, ма тæрс. Фæлæ мæгуыр адæм сты ’мæ. Сосланмæ дзурын нæ цыди æмæ сразы: — Уæд уал сæ уартæ мусонгмæ акæнут, стæй мæгуыр сты, хъæздыг сты, уый уым рабæрæг уыдзæн. Арсаг сын йæхи фæхицау кодта, йæ бæхыл абадт, иннæтæ
68 Хуыгаты Сергей йын иу-цаддæрæй фембал сты. Сослан сæ фæстæ каст. Бæх- джынтæ цапуалæй раскъæр-баскъæр кодтой сæ бæхты. Гуый- гуынонтæ хæлбурцъ змæлдыл бафтыдысты се ’хсæн. Уæддæр сын ницы ’нтыст æмæ та-иу сæ адзортт-дзортг кæныны сæр дæр бахъуыд бæхты разæй: ма сæм фæхъызой, ма сæ ныц- цæгъдой. Куыд нæ фидыдта уыцы дзортт-дзортт, куы! Фæ- тарстысты, ’мæ лæг куы фæтæрса, уæд ма уымæй цæй лæг и! Сослан йæ бæхыл абадт, йæ цæстытæ æрхæцыдысты обауыл æмæ уыцырдæм фæцарæзта йæ бæх: ссæуа йæм, йæ фыдæлты обау у, ’мæ йæм ссæуа, ракæса дзы, кæддæра йæм куыд зыны дуне. Нырма дзы никуы ракаст. Æмæ ахъуыды кодта: цымæ дзы куыд никуы ракасти нырма?! Цæмæннæ дзы ракасти искуы! Иннæтæ дæр иу-цалдæрæй фæцарæзтой сæ бæхтæ йæ фæдыл, гæпдугъæй сæ ауагътой, сæ хъæр-сæ хъихъхъытæй бæстæ сæ сæрыл систой. Доны сæрты багæппытæ кодтой æмæ цъыхырыджыны бафардæг сты. Обау иуварс аззад. Сослан ноджы басхуыста бæхы, уайтагъд иу дæргъæццон лæгуынмæ багæпп кодта. Уым ма ’рбалæууыд йæ зæрдыл — обаумæ ссæуинаг куы уыди, æмæ дзы ракæсинаг куы уыд обауæй, кæддæра йæм куыд зыны дуне. Фæлæ нал аздæхт фæстæмæ. Ауагьта йæ бæх лæгуыны уæлæмæ. Йæ уæллаг кæрон фæурæдта лæгуынæн — йæ зæрдæмæ фæцыди лæ- гуын, иннæтæ йæ фæрсты атахтысты. Сослан æргæпп кодта бæхæй, нымæт æриста, иу къутæры рæбьш æй айтьпъта, йе ’фцæгæй йæ басылыхъхъ айхæлдта, бап- пæрста йæ къутæры хъæбысмæ æмæ йæхи æруагьта нымæтыл. Хуыссыд уæлгоммæ, уæлæмæ касти æмæ йæ цæстытæй нæ хицæн кодтой уыцы гуыйгуынон лæгтæ — куыд фыдуынд цыдтытæ кодтой! Гуыбыр æмæ хæлиу-мæлиуæй тагьд кодтой, цæмæй бæхты æййафой, ма сæм мæсты кæной. Куыд фыдуынд у тарст лæг, куы! Фэелтау сæ куы ауагътаиккой, æмæ сæ афтæ æнæфæрæз цыдгæнгæ куы нæ федтаид.Стæй арвмæ сарæзта йæ цæстытæ — арв уыди цъæх, æмæ йыл цалдæр урсбын мигъы тъæпæны кæрæдзийы фæдыл фæцæйцыды- сты уартæ сæхирдæм нартæн. Гыццыл ма ахуыссыд, иу хатт ма сæ фæдыл акаст мигъ- тæн æмæ сыстади Сослан. Æрлæууæрлæугæнгæ бараст, йæ дæле цы ’хсæр къутæртæ уыд, уыдонмæ. Къутæртæ сæ цæнгтæ нæ урæдтой, афтæ зад уыдысты. Сослан дзы
Нарты Фарнæг 69 йæ армыдзаг ратыдта — æхсæртæ уыцы дзæбæх дзора сатæг кодтой. Иу-цалдæр дзы æркъæрццытæ кодта. Но- джы ма дзы ратонон, куыд загъта, афтæ ауыдта: уартæ æрхы æдде æрдуз уыйырдæм кæм ракъул, уым иу чидæр æрдугъ кæны йæ урс дарæсы. Æмæ нал сæвнæлдта æхсæр- тæм Сослан: чи уа, кæдæм дугъ кæна?! Уæдмæ цъыхырыты смидæг и лидзæг. Æмæ уæд æрхæцыдысты йæ цæстытæ ноджыдæр Сосланæн: ныр та æртæйæ рауагътой сæхи, гыццыл раздæр урс дарæсджын кæуылты æрцæйлыгъд, ууылты. Æмæ йын æхсызгон уыди Сосланæн, лидзæджы сурджытæ кæй разынд, уый. Уыдон цъыхырымæ нæма æрхæццæ сты, афтæ лидзæг лæгуынмæ рагæпп кодта, æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой Сосланæн: лидзæг кæд нæ уыди сылгоймаг! Урс къабайы, гомсæр æмæ гомзæнг. Йæ дзыкку райхæлди, фæстæмæ айтынг и ’мæ сау пиллонау баззади йæ фæстæ. Иæ тæрттæм дæр ын фæкомкоммæ: йæ тæнæг къабайы мидæг къуыппытæй лæууыдысты йæ тæрттæ æмæ, куыд лыгъди, афтæ тæлфыдысты, æнцой нал зылтой — фæдис! Уæдмæ йын йæ цæсгоммæ дæр фæцарæзта йæ цæстытæ Сослан — йе ’рфгуытæ бæрзонд лæууыдысты йæ ныхыл. Йæ дыууæ сау цæсты ныййирд сты æмæ афтæ зынд: мæнæ ма иу-дыууæ исты куы акæна йæ бæгънæг зæнггæ, уæд ныггуыпп кæндзысты цæстытæ, æмæ æхсидав фестдзæн сылгоймаг æгасæй. Къутæрты бынæй лæгуынмæ ахызти Сослан æмæ лæгуынæн йæ бæстастæу æрлæууыд. Сурджытæ дæр рахызтысты къутæртæй уæдмæ, æрбасурынц æй чызджы, ныртæккæ йын æнæ ’рбаййафгæ нæй. Чызг йæ къæхтæ мæнгист æмæ мæнгæвæрд кæнын райдыдта. Уыцы хæрз уысм ауыдта Сосланы: уыйырдæм ныззылди, йæ цæнгтæ йæм райтынг кодта æмæ, йæ удыл цыма йæ дæндæгтæй ныххæцыд, афтæ æрбазгъоры Сосланмæ. Фæлæ нæй — нал æм бахæццæ: йæ урс уæрджытæ цъæх кæрдæгмæ бахаста æмæ дæлгоммæ бахауд зæххыл. Сослан æм бацыд сабыр уæззау къахдзæфтæй, систа йæ йæ хъæбысмæ æмæ йæм йе стыр галы цæстыты йас цæстытæй касти. Уæдмæ лæгтæ йæ разы ’рлæууыдысты ’ртæйæ. Сæ иу — йæ цæсгомы цъар сыгъд æмæ ивæзтытæ кæмæн уыд — уый йæ къухтæ бадардта Сосланмæ. — Суадз æй! — уыцы дыууæ цыбыр дзырды фæхицæн
70 Хуыгаты Сергей и йæ тæнæг былтæй, æмæ сæ бынæтты абадтысты фæстæмæ былтæ, дуар куыд бахгæнай æмæ уый куыд абада йæ фæлгæты, афтæ. Сослан æнцад лæууыд æмæ, чызджы зæрдæ бæлоны зæрдæйау тагъд-тагъд куыд гуыпп-гуыпп кодта, уымæ хъуыста. — Кæд, мыййаг, къуырма у æмæ ноджы — гоби, — загъта та уыцы сыгъдбыл лæг уæдмæ æмæ йæ цонгмæ бавнæлдта Сосланæн. Сослан бамбæрста: чызг уыди адонмæ, ралыгъди сын, æмæ йæ расырдтой, цæмæй иæ æрцахсой æмæ йæ акæной фæстæмæ. Æмæ йыл йæхимæ æнгомдæр æрбахæцыд. Чызгæн йæ тæнæг къабайæ йæ буары хъарм бырста æддæмæ æмæ дзы йæ риу сыгъди Сосланæн. — Райсут æй! — фæцъæхахст кодта сыгъдбыл, æвæццæгæн уый хистæр уыди иннæтæй йæ бынатмæ гæсгæ æмæ йыл лæгтæ андзæрстой сæхи Сосланыл. Сослан йæ иу къухæй æнгом хæцыди чызгыл, иннæ къухæй лæгтæй иуæн йæ сæр æркъуырдта, æмæ йе ’взаг йæ дзыхæй рагæпп кодта, афтæмæй фæдыдагъ лæг. Иннæйы ныззылдта йæ цонгæй. Лæг зилгæ-зилгæ атахти, дæлдæр цы саджил бæлас уыд, уый зæнгыл йæ тъæпп фæцыд, æмæ дыдагъæй баззад бæласæн йæ быны. Сыгъдцæсгомы лæугæ ныууагъта уым, азылд æмæ йæ сабыр тавицы цыдæй араст и, йæ нымæт æмæ йæ басылыхъхъ цы ран ныууагьта, уырдæм. — Æруадз мæ ныр, — æваст сдзырдта чызг, æмæ йын йæ былтæм кæсгæйæ аззади Сослан — йæ хъуырмыз былтæ тынг фидыдтой йæ урс цæсгомыл чызгæн.— Мæхæдæг ацæудзынæн ныр. — Æмæ базмæлыди, æнæуи дæр кæйдæр лæджы хъæбысы — уанцон нæу! Фæлæ нывыл базмæла, уый йæ бон нæ баци — æгæр фидар ыл хæцыди Сослан. Æмæ та йæм нæуæгæй бахатыди чызг:^— Æруадз мæ зæхмæ, мæхæдæг ацæудзынæн ныр. — Йæ цонгмæ дæр ын бавнæлдта, фæлæ цыма бæласы фидар хихмæ бавнæлдта, уымæй уæлдай нæ фæтасыди цонг. Иу нуар дæр дзы нæ баз- мæлыд. Цыдæр тас абадти уымæй йæ зæрдæйы бын чызгæн, æмæ дзурынмæ фæци, тас æй баразæнгард кодта дзурынмæ: |— Æруадз мæ, кæннод мæ зæнгтæ бахуысдзысты. Мæхи удæгас нæ ныууагътаин, мæнæ нæ раирвæзтæн, уæд. Уас мын, цы Хуыцау баххуыс кодта, уымæн мæ уд йæ фæхъхъау
Нарты Фарнæг 71 фæуа! Æз чындз дæн, чындз, нæуæг чындз. Нырма знон æрцыдтæн чындзы, Хъуыманмæ. Хъуыман мæ сæры хицау у — дзырд уыдыстæм: хъуамæ мæныл макæй къух аны- дзæвдаид, стæй Хъуыманæн дæр’ макæуыл аныдзæвдаид йæ къух, афтæмæй æрцыдаиккам нæ чындзæхсæвы бонмæ æмæ, лæппу ’мæ чызг цы цин бавзарынц, уый иумæ бав- зæрстаиккам. Ныр мæ абон ракодтой, нæ мæликк, дам, дæ хоны, лæвæрттæ, дам, дын кæндзæни нæ мæликк. Уый, дам, рагон æгъдау у, азырон æгъдау — нæуæг чындзы мæликмæ кæнын. Дæ зæрдæ-мæ зæрдæйы мын æцæг кæндзæн лæвæрттæ. Æмæ дын рараст дæн æз дæр. Сослан цыди æмæ цыди. Чызг дæр дзырдта æмæ дзырдта: — Мæнæ мæ куыд худинаг кодта, мæнæ! Уымæн сæ фæ- кæнын кæны нæуæг чындзыты йæхимæ, уымæн! Æвæццæгæн сæ фæхудинаг кæны, стæй сын баппары сæ размæ истытæ, æмæ рацæуынц уыдон дæр, цыма никуы æмæ ницы, афтæ. Уæд ма цы цæсгомæй æрбацæуынц сæ хæдзæрттæм?! Цы цæсгомæй ма бакæсынц сæ лæгтæм, цы дзыхæй ма сдзурынц уæд?! Хорз уыди, æмæ мæ кард мæ тары амбæхстон, куыд нæ зындаид, афтæ. Йæхæдæг мын æй сарæзта уыцы кард Хъуыман. Раджы, лæппутæ мæм кæсын куы райдыдтой, уæд. Куы мын æй лæвæрдга, уæд мын бафæдзæхста, дæхимæ, дам, æй дар æмæ, дам, дæм лæппутæй йæ къухæй чи ’внала, уый, дам, иу дзы цæв. Рæсугъд кард у, дзæбæх гыццыл кард, ныр дæр мæхимæ и, агъæц, равдисдзынæн дæм æй мæнæ. Зæхмæ мæ куы ’руадзай, уæд. Æдде дын мын йæ лæггадгæнджытæ мæ уæлæйы дарæс фелвæстой, афтæ, дам, вæййы, уæдæ, дам, æддаг дарæсы чи цæуы мæличчы сыгъдæг бынатмæ! Куыддæр нæ дыууæйæ фæуагътой, афтæ мын йæ цонг мæ уæнтыл æрбауагъта, йæ сойæвдылд былтæй мæм бахудт. Размæ мыл ахæцыд æмæ мæ мидæггаг хатæнмæ фæ- кæны. Æвæццæгæн, зæгъын мæхинымæр, уым сты, цы лæ- вæрттæ мын кæндзæн, уыдон. Уым та, уыцы мидæггаг ха- тæны, афтид тæрхæг æрмæст, йæ уæлæ пух хуыссæнтæ. Æмæ мын амоны, схиз, дам, тæрхæгмæ æмæ, дам, дæхи æруадз, йæхæдæг дын йæ астæубос халыныл ма суа! Æмæ йæм уæд мæ риуы арфæй фелвæстон мæ кард, йæ хурхы уадындзтæм ын æй фæдардтон. Йæ дзых хæлиуæй аззад, йæ цæстытæ — ирдæй, афтæмæй йæ тæрхæгыл уæлгоммæ
72 Хуыгагпы Сергей бахауд. Мæ амондæн хатæны рудзынг гом разынд, рагæпп кодтон рудзынгæй ’мæ — лвдзгæ. Чызгæн йæ тас йæ зæрдæйы бынæй йæ уæнгтæм рахызт æмæ ризæг бафтыди йæ уæнгтыл. Æмæ йæ ныхас аздæхта йæхимæ Сосланæн: — Чи дæ, уæ мæ ирвæзынгæнæг, дæ ном мын зæгъ, мах Хуыцаумæ кувдзыстæм дæу тыххæй Хъуыманимæ. Хъуыман хорз лæппу у, сыгъдæгзæрдæ лæппу. Уый куывд фехъуысдзæн Хуыцаумæ. Хуыцаумæ сыгъдæгзæрдæты куывд фехъуысы æрмæст. Йæ нымæт кæм уыди ’мæ йæ басылыхъхъ, уырдæм бахæц- цæ Сослан. Чызджы нымæтмæ æруагьта, æмæ æхсызгонæй ныууынæргъыдта чызг. Стæй ахæцыди йе уæнгтыл — нындзыг сты йе уæнгтæ. Йæ зæнгтæ араст сты, йæ тым- был даргъ зæнгтæ, йæ цæнгтæ, йæ урс цæнгтæ, йæ нывæр- зæны сивæзта уæлæмæ, йæ риуыдзаг сулæфыд æмæ йæ тæнæг хæдоны тæрттæ фæцыдысты хæрдмæ. Сослан йæ уæрджытыл лæууыд, чызгмæ каст æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Улæфт ын нал фаг кодта, хуыдуг кæнынмæ ’рцыд. Уæд йæ тæрттæм февнæлдта, йæ куырæты тæрттæм, фæйнæрдæм сæ астыгьта йæ риуæй æмæ дзы сирвæзт иу æнахуыр хъæр: «гьæ-гьæхх» æмæ фæдæлгом чызгыл. Чызг иуырдæм ныззылди, йæ къух йæ тары атьыста, фæлæ хæрз афтид разынди йæ тар — кæмдæр ахауд уыцы змæлды йæ кард æмæ ныллæгъстæ кодта уæд: — Мæ тæригъæды ма бацу! Æз дæ мæ хуыцауыхай куы хуыдтон, уæд мын цы ми кæныс, цæмæн мæ сафыс уæд! Фæлæ Сосланмæ нал хъарыд ныхас — цы уыди, уымæй хъандзал фестади, болат хъандзал, истæмæй йæ æркъуыр — фæцыдаид йæ зыланг. — Мæ тæригъæд дыл схъардзынæн æмæ дæ цæрын нæ ныууадздзæн зæххыл. Хъуыман... — зæгъынмæ ма хъа- выди чызг, æвæццæгæн, цыдæр, фæлæ йæ хъуырмыз был- тæ Сосланы рихиты бын аныгъуылдысты уæдмæ æмæ йæ ссыбыртты бон нал фæци. Æмæ ныссабыр бæстæ. Æрмæст ма цыд Сосланы тæрк улæфт, æмæ дуне хъуыста уыцы тæрк улæфтмæ. Рæбынæй, къутæрты фæстæ цы гуыбыр бæрз бæлас уыд, уый къалиуыл иу даргъкъæдзил цыргъбырынкъ маргъ абадт æмæ каст Сосланы ризгæ змæлдмæ. Иу афон йæ даргъ
Нарты Фарнæг 73 къæдзил хæрдмæ фæхъил кодта ахъаззаг æмæ йæ хъихъхъ фæцыди цъиуæн. Æмæ та нæуæгæй агуыбыр и размæ, кæ- сыныл та фæци. Стæй уæлгоммæ рафæлдæхт Сослан æмæ йыл æнахуыр адджын улæфт бафтыд. Чызг куыд фестади, нымæты нывæрзæнæй басылыхъхъ куыд фелвæста æмæ къутæрты æдде куыд фæци, уый дæр нал бафиппайдта. Изæрдалынгты ’рыздæхт мусонгмæ Сослан. Лæппутæй иутæ сæгуыт амардтой, иннæтæ — уæрццытæ-йедтæ, æмæ мусонг æмызмæлд кодта. Сослан иуварс ахызт, фалдæр былыл цы бæласы зæнг уыд, ууыл æрбадт æмæ йæ цæстæнгас дæлæмæ сарæзта, айгуыртырдæм, фæлæ кæсгæ, ныртæккæ цы дæргъæццон лæгуынæй æрцыд, уырдæм кодта. Касти æмæ уыдта — гуыбыр бæрзы къалиуыл даргъкæдзил маргъ бады, йæ цыргъ бырынкъ ныццарæзта уыдонмæ, Сослан æмæ уыцы азырты нæуæг чындзмæ. Касти сæм, касти, стæй йæ даргъ къæдзил тынг фæхъил кодта, æмæ йæ сонт хъихъхъ фæцыди. Сослан æм кæсгæйæ баззад маргъмæ. Æрæджиау йæ басылыхъхъ æрбалæууыд йæ зæрдыл — цы хъуамæ фæуыдаид? Кæд æй а лæппутæй исчи рахаста хъазгæйæ, фынæйæ йæ баййæфта æмæ рахаста басылыхъхъ, ома, кæддæра куыд кæнид. Æмæ йæм æй уæд куыд æнæ ’рбахæсгæ фæци афонмæ? Ахæм хъæзтытæ йæм нæ цæуы Сосланмæ, уый куыд нæ зоны! Æмæ цымæ уый та цы фæци, чызг йæхæдæг!? Уыцы сыгъдбыл лæг æм ма бацæуа уырдæм, уыцы къутæры хъæбысмæ, йæхæдæг фынæй кæм аци, ад- джын фынæй, уырдæм æмæ йæ ма акæна сæ мæликмæ! Дзæгъæлы йæ ныууагьта удыгас, йæ сæр æркъуырын хъуыди уымæн дæр, йе ’взаг куыд рагæпп кодтаид йæ дзыхæй. Нæ, уый не ’рбауæндыдаид уырдæм. Чызг сæхимæ ацыд, æвæццæгæн, чындзы кæдæм æрцыди, уырдæм. Фæндаг зыдта ’мæ ацыд. Мусонджы раз æртæ раны æртытæ скодтой. Сæ алыварс змæлыдысты лæппутæ. Ам цæмæн сты, уый æрбалæууыд йæ зæрдыл æмæ йæ хъуыды раздæхти^Фарнæгмæ. Нæма уыд нарты уæзæгыл айхуызæн тыхлæг! Йæ сæкка кæм нæй, уым тъыссы йæ уидыг. Кард, дам, ма слас, арц, дам, ма сис. Фæрæз дæ мауал уæд, уый дын ма слас æмæ ма сис! Æмæ йын а хистæртæ дæр йæ ных нæ бакъуырынц, фæлæ йæм хъуамæ райхъусой уæле уалæ! Æви йæ уыдон дæр
74 Хуыгаты Сергей нæма базыдтой: кард кард у, арц та — арц. Æмæ сыл фвдар- дæр кæй къух хæца, уый лæудзæн уæлдæр. Уый та — ныхас, дам. Кард — нал, фæлæ — ныхас! Афтæ цард уый хæдзары, кард æмæ ныхас иу цы сты! Кæм и ахæм ныхас, æмæ туг чи рауадза лæгæй! Туг кард рауадздзæни æрмæст лæгæй — уый чи нæ зоны, уымæй исгы радом! Бауадз æй, уым æй базондзæни, кард æмæ ныхасæй чи кæцы у, уый. Уæд ма фæдисы исчи ронбæгъдæй цæуы?! Кæнæ зыбыты иунæгæй?! Æмæ йæ сæр нытгыддта уым Сослан. Цыдæр аразынмæ хъавы йæхицæй, цыдæриддæр у, уæддæр, фæлæ цы, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Уым ын æй базонын кæндзысты, кæд ын афонмæ йæ туг уадзынц, уæд. Æниу сæм хæццæ дæр, чи зоны, нæ ныцци — сæ фæндæгтыл къахдзæфæн хъоргъ. Кæд афонмæ ныммидæг и сæ иуы æмæ йæ хъиутæ хæры дойны æмæ стонгæй. Изæрмилтæ сæхи æруагътой зæххыл. Сослан сыстад, был-был фалдæр балæууыд, Хъилдурмæ бахæццæ æмæ йæ разы æрлæууыд, лæппу зæронд лæджы раз куыд æрлæууы, афтæ. Ныронг никуы æрлæууыди йæ цуры æмæ йæм ныр уымæн æрбайста йæхи. Фæлæ диссаг! Куыд никуы æрлæу- уыди нырмæ цымæ йæ цуры ацы дурæн?! Куыд никуы йæ равдæлд! Цæмæннæ йæ равдæлд?! Кæдæм-иу тагъд код- та?! Стæй кæдæм тагъд кæны лæг!? Касти дурмæ æмæ йæм лæджы хуызæн фæзынд Сосланмæ дур, фæндæгты рыг кæуыл фæбадти, стæй йæ фæндагæй чи радзæгъæл, ахæм лæджы хуызæн. Фале, мусонджы раз цы æртытæ уыд, уыдонæн се ’хсæнты дæр, сæ алыварс дæр змæлыдысты лæппутæ æмæ змæлыди æртыты рухс дæр. Æмæ-иу уыцы змæлгæйæ куы иуырдыгæй æрбаныдзæвди æртыты рухс дурыл, куы иннæрдыгæй. Æмæ-иу дур дæр цыма змæлгæ бакодта, цыма-иу цæугæ фæ- цæйкодта. Æмæ-иу æм кæсгæйæ аззади Сослан. Фæлæ дурæн базмæлæн дæр нæй, ацæуæн дæр. Уый уыдон ацæудзысты — ацы лæппутæ æмæ ахуысдзысты сæ æртытæ. Ам бирæ лæппутæ змæлыди, бирæ æртытæ дзы сыгъди, фæлæ лæппутæ ацæуынц, æртытæ ахуыссынц. Иу гакк сыл бады лæппутæ æмæ æртытыл. Ахуысдзысты уартæ уыцы æртытæ дæр æмæ фæстæмæ нал ссудздзысты. Ацæудзысты лæппутæ дæр æмæ нал раз- дæхдзысты фæстæмæ. Æмæ ацы изæрмилты ам кæй уыдысты артæй дæр, лæппуйæ дæр, уый ничиуал зондзæн. Дыууæйæ йæ фæйнæ фарс æрбалæууыдысты Сосланæн —
Нарты Фарнæг 75 бафиппайдта сæ, стæй сæ базыдта се змæлд æмæ сæ улæфтæй: Сагахс æмæ Бырсæг. Æмæ фæиртæсти йæ хъуыдытæй. — Мидæмæ нæм дзурынц, — загъта Бырсæг. — Цом, фервæзæм не ’хсæвæрæй æмæ нæхи æруадзæм. Райсом нæм цы бон кæсы — чи зоны! Сослан сæм дзургæ ницы скодта, афтæмæй араст и семæ. Мусонгмæ бахизæны иу лæппу лæууыди æд цылыхъ, сæ къухтыл сын дон æркодта. Мидæгæй цæджындзы фарсмæ та иннæ лæппутæй лæууыди чидæр, цырагъ бæрзонд дард- та, æмæ дзæбæх зындысты мусонджы къуымтæ. Сослан рæбынæй æрбадт. Æрбадтысты иннæтæ дæр. Кæстæртæ сын сæ разы хæлын айтыгътой æмæ йыл хæри- нæгтæ æрæвæрдтой. Физонджытæ, цыма нырма дæр цæхæ- ры уыдысты, уымæй уæлдай сæ цъыс-цъысæй не ’нцадысты. Райсом куыддæр райхъал и Сослан, афтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты зноны лæгтæ. Фестади йæ нымæтæй — æркæса сæм. Цы гæнæг сты, чи сты? Лæгтæ иу ран калдæй лæууыдысты, чи сæ йе ’мбалыл бадыдагъ, чи сæ иунæгæй ныддæргъ и нæууыл, иутæ ма сæ фынæй уыдысты, иннæтæ се ’нкъард цæстытæ зæхмæ сарæзтой. Сослан сæ алыварс æрзылд. Сугты хуызæн æм фæзындысты, цыма сæ дысон талынджы дзоныгъыл æр- ластæуыд æмæ уал сæ ам ракалдтой, уæддæр сæ рагсом дзæбæх æфснайын хъæудзæни ’мæ уымæн. — Уæдæ кæсаг, и? — сæ алыварс куы æрзылд, уæд сæ кæрон æрлæууыди Сослан. — Кæсаг, нæ Хуыцауы раз, кæсаг, — лæгтæй иу аздæхт Сосланмæ, æмæ йæ зонгуытыл лæугæ баззад йæ разы Сосланæн. — Æндæр ницы? — Мах — ницы ’ндæр. Кæд нæ хицæутты зæрды æндæр исты уыд, уæддæр ын мах цы зонæм! Хуыцау æмæ хицауы фæндтæн чи цы базондзæн! Дон акъæртт кæнут, нæ фæлæ нын доны уæхи баппарут куы зæгъой, уæддæр цы нæ бон у! — лæг-иу йæ сæрыл схæцыд, афтæмæй-иу адзырдта йæ дзуринаг æмæ та-иу йæ сæр дæлæмæ æруагъта. — Нæ тæригъæды ма бацæут, нæ бинонтæ хурмæ баззайдзысты. Ауадзут нæ. Удыбæстæ скæнут уæхицæн. Сослан ын фæтæригъæд кодта, æцæг ыл йæхицæн дæр нæ басаст — Сосланы фæтк нæ амыдта тæригъæд. Уæд-
76 Хуыгаты Сергей дæр æм ницуал сдзырдта лæгмæ, æмæ уым лæг йæ разы йæ зонгуытыл лæууыд, афтæмæй уад йæ цæстыл: æрбаз- гъоры нæуæг чындз лæгуыны йæ мидæггаг къабайы, æмæ ныттынг и тæнæг къаба йæ уæлæ. Йæ зæрдæ æхсызгон хæлбурцъ бакодта Сосланæн. Йæ сæрыл схæцыди, лæппу- тæй йæм æввахсдæр лæуд чи фæци, уымæ бадзырдта: — Марадз-ма, мæ бæх мын аифтындз. Гыццыл фæстæдæр йæ бæхыл абадт æмæ был-был дæ- лæмæ фæцагайдта: зноны дæргъæццон лæгуынмæ ахсайд- та йæ зæрдæ. 6 Уæн уатæй нал хызт. Фæлтæр кодта — сихæн-иу и, æмæ-иу йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хостой сæхи. Уый фæстæ-иу тæвд кæнынмæ фæци æмæ-иу йæ уæлæ æмбæрзт нал уагъта. Сатана тыхсти — сæфдзæн мæгуыр лæппу. Зыдта: Уæн, иннæ гуыринæгтæ куыд райгуырынц, афтæ нæ райгуырди. Сылыстæджы уды æндæвд ыл нæ сæмбæлди гуыргæ-гуырын. Нæ йыл сæмбæлд уыцы æндæвд, йемæ йæ нæ рахаста лæп- пу. Æмæ ныр нæлтæ сылыстæгмæ цы тайгæ-руайгæ цæстæй кæсынц, ахæм цæстæй йæм нæ кæсы Уæн. Нæ йын здахы йе ’нгас йæхимæ сылыстæг, нæлы удæн цы ’хцон дæтты æмæ цы ’нцой, уый не ’мбары, нæ йæ зоны. Æмæ афтæ æнæбон уымæн хæссы — сылыстæгмæ цы лæппуйы зæрдæ не ’хсайа, уый куыд хъуамæ сфидар уа, цæмæй хъуамæ фæхæцой йæ уæнгтæ кæрæдзийыл?! Æмæ ныссагьæс кодта Сатана, ныр æй уыцы дурмæ фæ- кæн, ныссай йæ исты ’фсæгаты, уæд ын ницы баххуыс кæнид? Æртæ мыдамæсты ракодта, урс кæрдæны сæ атыхта, семæ сын иу къаннæг рЬнджы дурын айста æмæ араст Борæтæм рынчынфæрсæг. Уæн хуыссыди зæронд уырын- дыхъ сынтæджы, йæ быны саджы цæрмттæ, йæ уæлæ арсы царм. Ронгæй йын нæ бакуымдта — йæ зæрдæ йæ нæ уагъта. Мыдамæстæй ахордта — уый дæр сахадыдта йæ дзыхы. Æмæ йæ ныууагьта Сатана. Гыццыл абадтысты æнæдзургæйæ, стæй бахатыд лæппумæ: — Цом-ма, нæ лæппу, далæ доныбыл арацу-бацу кæнæм, кæддæра доны рæууон улæфт дæ уæнгты куыд ахъарид, æмæ дын куыд фенцондæр уаид. Уый мæнæ хуыссынæй
Нарты Фарнсег 11 ньжкаддысты дæ уæнгтæ, уыййеддæмæ дæумæ низæй ницы и. Уæны нæ фæндыд — йæ уæрджытæ йæ быны дыдæгътæ кодтой, æмæ куыд ацыдаид афтæмæй! Гуыбырæй бадт йæ хуыссæны, цыма зæхмæ хъуыста,уый хуызæн. Дзургæ дæр ницы скодта Сатанамæ. Æмæ та йæм нæуæгæй бахатыд Сатана: — Мæ сынтыл схæцæд, дæуырдыгæй мæ коммæ чи нæ бакæса. Уæлæ Сырдтыдоны онг ссæудзыстæм, Чысыбын Гæтæджы цæрæнуат кæм уыди, уырдæм. Уым æнахуыр уддзæф змæлы, уд æмæ уонгсыгъдæггæнæн уддзæф. Уый дыл куыддæр сæмбæла, уыцы уддзæф, афтæ дæхи зонгæ дæр нал бакæндзынæ. Уæн арф ныуулæфыд — уый уалæ кæм æмæ кæм и, Чысыбын, Гæтæджы цæрæнуат! Ныр уырдæм цу, стæй фæстæмæ здæх! Сатанамæ бакасти. — Афтæ уал хуыссин. Стæй уæдмæ Фарнæг æрцæу- дзæн цуанæй æмæ саджы игæр æрхæсдзæн. Уымæй ахæ- рин, стæй уæд ацæуин, чи зоны, Чысыбынмæ. Фæлæ, Сатана цы сфæнд кодтаид, уый æрдæгыл кæд уагъта! Фестади йæ рæуæг стадæй æмæ йын йæ пысултæ агурыныл фæци къуымты. Уæн æм æнкъардæй касти йæ хуыссæнæй. Стæй æрæджиау бакодта: — Искуы мæ уæраг куы фæтаса. — Нæ фæтасдзæн. Уæдæ ма фæтасæд! Уæнмæ йæ ныхæстæ дæр куыд нæ хъарыдысты Сатанай- æн, фæлæ йæ дыууæ даргь къæлæс æрфыджы кæлæнгæнæджы змæлд кодтой, æмæ растади Уæн. Йæ пысултæ кæнынмæ дæр ын феххуыс кодта Сатана, æмæ-иу ын йæ къух кæдæм бахæц- цæ Уæнæн, уым-иу йæ уæнгтæ базмæлыдысты, фæйнæрдæм- иу сæ цыдæр хъарм хъыдзыгæнгæ ацыд, æмæ-иу дис бафтыд Уæныл — цы уа уый, цы ацæуа уæнгты уыцы хъарм? Стæй рахызтысты æддæмæ. Сатана йын рæуæг хæцыд йæ рæмбыныкъæдзыл, æмæ цыди Уæн. Нартыдонмæ ныххæццæ сты, æмæ Нартыдоны былты уыцы сыгьдæг цъæх-цьæхид нæу- уыл араст сты уæлæмæ уалæ Сырдтыдоны æрбакæлæнмæ. Мæнæ уыцы дур. Æмæ йæ зæрдæ ныггуып-ныггуып кодта Сатанайæн, æмæ дзы цыма цæмæйдæр æфсæрмы фæци дурæй, уыйау чъызгæ бахызти йæ цурты. Æмæ уыцы цæстыфæныкъуылд йæ рæзты атахт уыцы бонрæфт. Цал хатты ракодта æртыгай мыдамæстытæ уæдæй нырмæ
78 Хуыгаты Сергей æмæ цал хатты скуывта, уыцы удæхцон ын цы зæдтæ бав- зарын кодтой, уыдонмæ... Уастырджи сæм фездæхт, кæмдæр уыди æмæ йæ фæн- даг уыдоныл ракодта. Сатана сын Уырызмæгимæ кæрты фынг авæрдта. Уыдон нæма ’рбадтысты фынгыл, афтæ Уастырджийы бæх фæкъæйтæн. Уырызмæджы урс куы- рæтæй ницуал фæзынди — уьщы цъæх-цъæхид пырхæнты бын фæци ’гасæй куырæт. Йæхи разкъæрттыл дæр дзы абадтытæ кодта Сатанайæн. Фæлæ диссаг — Уастырджийы урс цухъхъамæ дзы иу куыд нæ фæхæццæ уыцы стъæл- фæнтæй! Ноджы цыдæр æнахуыр парахат худт кодта Уас- тырджи, цыма фыдæнæн афтæ худти, уыйау йæ урс-урсид даргъ дæндæгтæн сæ рæбынтæ дæр разындысты суанг. Сатана лæгты фынгыл бадгæ фæуагъта, æхсинæгтæ рам- бырд кодта ’мæ ам æрбамидæг, ацы дуры дæллагхъуыр. Уый та уартæ уыцы ран бадти нæууыл, донæн йæ фаллаг фарс, сæ фыййау нартæн — йæ хойы лæппу уыди Уастыр- джийæн Нарты фыййау. Афтæмæй сæ фосæн сæ кой дæр никуы уыд ам. Уæд уый цæмæн бадт уым уыцы бонрæф- ты?! Бадти фыййау, æмæ йе ставд тымбыл бæрзæй уыцы растæй лæууыд йæ фæтæн уæхсчытыл. Сатана йæ тæнæг пæлæз феппæрста дуры дæллагхъуыр, иннæ акодта. Фæлæ, цалынмæ иннæ кодта, уæдмæ йын фыййау йæ уæраджы сæртæ ауыдта уыцы урс-урсидæй æмæ мæт-мæрдтытæ кæ- нын байдыдта. Уысмæн дæлгом кодта, уысмæн — уæлгом. Сатана Уырызмæджы куырæт æхсадта, фæлæ йæ цæсты кæронæй уæгъд нæ уагъта фыййауы æмæ ныррызти Сата- на, æмæ йæ улæфт улæфты æййафын байдыдта. Æмæ ма йæ гыццыл бахъуыди, æрхауа, уымæ, хæрз гыццыл. Стæй бамбæрста — йæ уæрджытæмбæрзæн æй ласын бахъуыд, архайын дзы нал арæхст, хъыг æй дардта. Æмæ йæм фев- нæлдта, уæлæфтауы мидæг фæтъыста йæ къух, фелвæста йæ æмæ йæ дурмæ баппæрста, ныртæккæ йæ куыд ахса, афтæ. Бакасти та йæ цæсты кæронæй фыййаумæ — уый араст æмæ ’нæзмæлгæ хуыссыди. «Афынæй» — загьта йæхицæн Сатана, йæ уæлæфтау фелвæста йæ уæхсчытæй, йæ уæраджы сæртæм доны балæгæрста, йæ уæлæ скалдта дон æмæ доны фæлхъæзæнтæ налхъуыт-налмасы фæрдгуы- тау схъазыдысты йæ урс-урсид уæраджы сæртыл. Æмæ та ныззылди фыййау, удисæджы рафт-бафт та йыл бафтыд.
Нарты Фарнæг 79 Сатана йæ ауыдта уыцы тæрк змæлдгæнгæ, донæй расæррæтт ласта, йæ пæлæзы йæ цæнгтæ атъыста, æхсад дзаумæттæм фæлæбурдта ’мæ згъорынмæ фæци. Фыййау сыстад, доны æрбалæгæрста, дурмæ бацыд æмæ Сатанайы уæрджытæм- бæрзæныл йæхи бауагъта дурмæ æмæ ныссабыр. Сатана ма иу каст фæкодта куыройы фæзилæнæй. Фыййауы ауыдта, базыдта йæ, йæ уæрджытæмбæрзæн дурыл айрох, æмæ йæ зæнгтæ фæдыдагъ сты йæ быны. Сæхимæ ма тыххæй бафæрæзта. Дур сус дур уыд, æмæ йæ бамбæрста Сатана — æнæ бауддзыд ын нæй. Фараст мæйы фæстæ йæ куы ныкъкъæртт кодтой дуры æмæ йын йæ хуылфæй Сосланы куы систой, уæдæй фæс- тæмæ сæрд тæвд нал кодта дур, зымæг уазал æмæ йæ зæрдæ æхсайдта Сатанайæн — цыдæр ма дзы баззади дуры, уд дзы нал равзæрдзæн, фæлæ ма дзы исты бафтдзæн удыл. Сырдтыдон Нартыдонимæ кæм иу кодта, сæ гуылфæнтæ кæрæдзийы кæм скъуырдтой, кæм схъуырæй-хъуырмæ сты, æмæ сæ иумæйаг гуылф йе ’хсидынæй кæм нал æнцади, уырдæм хæстæг бакодта Сатана Уæны æмæ уым æрлæу- уыдысты. Сæ фæллад æрцæуыны бæрц куы алæууыдысты, уæд бамбæрста Уæн — улæфын ын бирæ фенцондæр. Гуылф змæлыди, фыхти, схъиудта, æмæ-иу сыл йæ уддзæфимæ йæ сыг дæр æрбаулæфыд æмæ сæ цæсгæмттыл æрбадти сыг, цыма сурхид ракодтой сæ цæсгæмттæ. Сатана-иу куы сусæгæй базылдта йæ цæстытæ лæппумæ, куы — æргомæй: куыд у? Уæн лæууыд, йæ фындзы фæрстæ айтынг сты æмæ æддæмæ-мидæмæ кодтой, йе ’рфгуытæ дзæбæх ахæцыдысты сæхиуыл фæйнæрдæм, уæлдæр сис- той сæхи, йæ цæстытæ сæ къуырфыты дзаг баисты, афтæ- мæй касти уартæ гуылфы фыцæнмæ. Фыхти гуылф, йæ тæф йæ сæрмæ стад æмæ рæбынæй, Сырдтыкомырдыгæй цы уддзæф цыд, уый йæ комкоммæ уыдонмæ хаста. Сатанайы уæнгтыллыстæгризæгфæзындæмæбамбæрста — фагу. Уæны цонгмæ бавнæлдта æмæ сæ фæд-фæд рараст сты сæ тавицы цыдæй. Дурмæ куы рахæццæ сты, уæд æрлæууыд Сатана. — Мæнæ ма ацы дурыл гыццыл абадæм, аулæфæм ыл, — йæ тъæпæн арм авæрдта дурыл æмæ йыл йæ даргъ æнгу- ылдзтæ аныхæстысты хуры тынтау. — Ай хорз дур у, сус дур, мидæгæй дзы хъарм и, арф кæмдæр, мады гуыбыны
80 Хуыгаты Сергей цы хъарм и, ахæм хъарм. Æмæ йыл абадæм. Бадгæ нæ, фæлæ йыл хуысгæ æркæн, хуысгæ. Уæнæн улæфын бирæ фенцондæр и, фæлæ йæ уæддæр зæхх йæхимæ ласта, æмæ сразы ис Сатанайы ныхасыл — схызти уæззау-уæззау дурмæ æмæ йыл уым, хурварс хъæ- бысгонд цы лæнкау уыди дурыл, уым дæлгоммæ ауагъта йæхи. Уайтагъд бафиппайдта, йæ буары дыууæ хъармы кæрæдзимæ куыд фæцæйцыдысты — хуры хъарм æмæ дуры хъарм. Æмæ йын æнахуыр æхсызгон фæцагайдта йæ зæрдæ — нырмæ никуы бафиппайдта ахæм æхсызгон. Куыд афы- нæй и, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Уæд Сатана дæр схызти дурмæ æмæ Уæны фарсмæ æрбадт. Хъæддзæг уыд — Уæнмæ кæдæй нырмæ æхсайдта йæ зæрдæ, æмæ кæд мæнæ фервæзид. Уддзыд чи у, æмæ уд кæй хуылфы равзæрд, уый удыл куыд нæ фæхæцдзæн! Æмæ та-иу доны сæрты акаст уартæ доны фаллаг фарсмæ — уæд, уыцы фæл- дурæджджын бон сæ фыййау мæт-мæрдтытæ кæм кодта, уыцы ранмæ, æмæ хъуыды кодта кæмдæр мидæгæй, сусæг хъуыды, Хуыцау ма бирæ нæ, фæлæ иу ахæм бонрæфт куы радтид! Æмæ кæмдæр сусæгæй йæхи фарста: цымæ, цы фæци уыцы мæлинаг лæппу стæй? Хæрзаг дзы удæй-удмæ, тыхгæнæг тых кæмæн нæ ракодтаид, ахæм тыр райгуырдаид. Дуры хуылфæй ахæм кæмæй райгуырд! Уыцы тымбыл бæрзæйыл дæ дыууæ цонджы æртух... Сатанаарф ныуулæфыд. Цы кæстытæ-иу æм æрбакодта доны сæрты, стæй-иу удисæджы хæлбурцъ куыд систа! Уæд æм хæлбурць кæныны бæсты доны куы ’рбараст уыдаид. Цы ма хъуамæ фæуыдаид уыцы гом-æгæрцæй! Ацы дур сæ бамбæхстаид йæ хъæбысы адæмы цæстæй. Афтæ сæ бамбæхстаид æмæ хуыздæр нæ хъуыди. Стæй йæ йæхинымæр ралгьыста: «Гъæ, дæ зынджыхуыстмæ дын æртымбыл уой дæ хъæубæстæ!» Æмæ та арф ныуулæфыд. Нæ йæм æрбахаста йæ ныфс. Æмæ йæм цымæ цæмæннæ æрбахаста йæ ныфс? Зæххæн зæххон куы уыд, арвæн — æрвон?! Æмæ ныссабыр Сатана, цыма уый дæр Уæнау фынæй баци, уый хуызæн. Бадти æмæ йæ хъуыды сындæг-сындæг сæ фыййауæй сæ айгуынон уазæгмæ рахызт. Дзæбæх лæп- пу, хæрз дзæбæх. Йæ тымбыл цæстытæй цыма дыууæ хуры касти лæгмæ. Иннæ ахæм уыцы бахудт! Æмæ йыл фидаугæ кодта, фидаугæ! Хуссарыл рагуалдзæджы хурæрбакаст куыд фидауа, раст афтæ. Цыдæр сыгъдæг æфсарм, цыдæр
Нарты Фарнсег 81 тавиц ыл ахста цæст æмæ дзы зæрдæйы куыст хæлди. Уæд æм хистæртæ нуазæн авæрдтой æмæ йæм уæле, фынджы сæрæй радзырдта Хуро: — Дæ лæджыгъæд хуыздæр фæуæд, æмæ дæ стыр Хуы- цау тыхджындæр æмæ нывджындæр скæнæд ноджы! Фæн- даггонæн баххуыс удыбæстæ у, ахæм фæндаггон дыл ма- куы сæмбæлæд, де ’ххуыс кæй бахъæуа, æмæ баххуыс дæ бон кæмæн нæ бауа! Лæууыд æд нуазæн — бæрзонд æмæ рæсугъд æмæ сæм бадзырдта хистæртæм: — Хатыр уæ курын, хистæртæ! Мæ зæгъинаг æнæ загъ- дæй куыд фæхæссон! Зæгьинаг загьд куы нæ цæуа, уæд зæгьи- наг нал уыдзæн зæххыл. Мæнæн æфсымæр нæй, нæ мын ра- цыди мадызæнæг æфсымæр. Иунæгæй цæуын адæмы ’хсæн, иунæгæй зилын сырдты фæдыл, æмæ ныры онг никуы ’рæф- тыди мæ хъуыдыйы, æфсымæр мын нæй, уый. Ныр ацы фæн- дагыл банкъардтон, нарты фæндагыл: æфсымæр мын нæй æмæ мæ тынг хъæуы æфсымæр. Æмæ ам ацырдæм æфсымæры цин- тæ кæмæй фæистон, тæхуды уый мæ æфсымæрæн куы уаид! Фынг сындæггай басабыр, хъыпп-сыпп нал цыд къуымтæй дæр æмæ, хæстæг чи бадти, уыдон кæрæдзимæ бакæс- бакæс кодтой — уанцон сабыр нæу! Нарты фынг уа æмæ афтæ сабыр бауа! Æмæ сыстад фынджы дæллаг кæронæй Фарнæг, йæ уæнгтыл ахæцыд фæйнæрдæм, айтынг сты йæ уæнгтæ, æмæ йæм фынджы сæрæй радзырдта Хуро: — Хæстæгдæр рацу уазæгмæ! Ссыди фынджы фæрсты Фарнæг, йæ фарсмæ балæууыд Арцийæн. Æмæ йæм хистæртæ ралæвæрдтой уымæ дæр нуазæн. Лæууьщысгы фæрсæй-фæрсгæм бæрзонд, фæтæнуæхск, сгавд- бæрзæй лæгатутæ, иу æфсондзыл ифтыгъд дыууæ къобор галау фидыдтой иумæ раст. Æмæ йæ нуазæныл схæцыди Фарнæг. — Фæндаджы зынæй нæй зæххыл зындæр зын. Фæлæ æз амондджын дæн — æз дзы ссардтон цин мæ фæндаджы зыны. Æмæ тæрсын: ныр дæр-иу уыцы цин куы агурон мæ фæндæгтыл æмæ йæ куы нæ арон. Мæ ныхас цъус тæнзæрдæйы ныхас у — уый хатын. Фæлæ æнæуи раст у, уæ разы мах дыууæ стæм, уый куыд раст у, афтæ. — Æмæ æрлæууыди йæ ныхасæй Фарнæг. Лæууыд Арци дæр. Стæй сæм цыма исчи бадзырдта, афтæ сæ кæрæдзимæ се ’ргæмт- 6 Хуыгаты Ссргей
82 Хуыгаты Сергей тæ азылдтой — æмзылд, сæ кæрæдзийы уæхсчытæм сæ фæйнæ къухы систой æмæ сæ нуазæнтæ кæрæдзийы дзыхтыл сдардтой. Æрдджыты онг сæ бадардтой кæрæдзийæн, иннæ æрдджытæ баныуæзтой сæхæдæг. Уæд сын сæ цæрæнбонты рæгъ рауагъта Хуро — кæрæ- дзийæн æфсымæртæн куыд бæззой, æмæ та нызмæлыд фынг. Бадти æдзæмæй Сатана — ма райхъал уа Уæн, кæд фылдæр афынæй кæнид, кæд фылдæр хъарм бахъарид йæ уæнгтæм, æмæ ма кæд сæндидзид, мæгуырæг. Æмæ та-иу ыл йæ цæстытæ æрхаста. Хуыссыд дæлгоммæ Уæн æмæ уæззау улæфыд, цыма дуры хуылфæй улæфыд, цы улæфыди, уый, йæ тæнæг фæсонтæ-иу сындæггай систой сæхи хæрд- мæ æмæ та-иу сындæггай æрцыдысты дæлæмæ. Æрæджиау йæ хъуыдыйы æрæфтыди Уæрхтæнæг: мæрдты дзы стæгдар нал и, афтæ ’нхъæлдтой нартæ, æмæ дын уый та — уый! Æрбараст и ’мæ ’рбацæуы. Лæг нал уыд, баз- зади ма дзы быдыргъ, уæддæр цыди. Уæд æй цы тых слæу- уын кодта йæ къахыл! Кæд ын нарты зæхх фæфидар код- та йæ уæраджы барц? Цыди, йæ бæгъæввад къæхтæ фæл- мæн æвæрдта зæххыл, цыма риссынæй тарст зæххæн. Йæ пысултæ^ ныпискъуылтæ сты ’мæ фæйнæрдæм зæу-зæу кодтой. Йæ цæсгомæй ницы зынди хъуынæй, æрмæст ма кæцæйдæр арфæй йæ цæстытæ æрттывтой. Æртæ нартæй къахылдзæуæг нал баззад фæсте, рагуылф кодтой Борæты хъугоммæ, фæлæ-иу Уæрхтæнæджы куы федтой, уæд-иу фæндаджы былмæ байстой сæхи, сæ цæстытыл не ’ууæндыдысты, ’мæ сæ цæстыты уæлтъыфæлт- тæ æртъæпп-æртъæпп кодтой. Сывæллæттæ стырты фæс- тæ ’мбæхстысты, афтæмæй дзы сæ цæстытæ нæ истой. Уæр- хтæнæг цыд, цыма, бирæ азты ам кæй нæ уыд, уый тых- хæй сын æвдыста йæхи — ракæсут мæм, мæнæ цы хуызæн сдæн æцæгæлон зæххыл! Æмæ йæм фæндагæн йæ дыууæ фарс, кæрæдзимæ æнгом лæууыдысты, афтæмæй кастысты нартæ. Йæ размæ дæр сæ ничи хызт фæндагмæ, йæ къух дæр ын сæ ничи иста. Кастысты йæм. Уый цыди. Уыцы изæр ын куывд акодтой, стыр куывд нæ — æрмæст Уæллагхъæуы фаг куывд. Уæрхтæнæг дзы нæ уыд йæхæдæг куывды. Нагъы арынджы йæ цынадтой лæппутæ, йæ сæр ын ныддастой, йæ уадулты хил ын æрцыбыртæ кодтой. Уый фæстæ иу сыкъа ронг банызта æмæ хуыссæн бацагуырдта.
Нарты Фарнсег 83 Уæле, Сырдтыдоны донхæрд былтыл цы кæркми- сындзæджы къутæртæ зад, уыдоны фæстæ фæзынд Сыр- доны сæр. Йæ нымæтхуды тæрггæ дыууæрдыгæй дæр уыды- сты йæ худы мидæг тъыст, æмæ худ размæ дæр цыргъæй баззади ’мæ фæстæмæ дæр. Æнæуи дæр цыргъдзæсгом уыд Сырдон, цæугæ та рæуæг цыд кодта, йæ алы къахдзæф дæр — пæррæст, æмæ афтæ зынд, цыма æндæрбæстаг стыр дыгоппон æрбацæйгæппытæ кодта къутæры сæрты. Сатанайæн æхсызгон нæ уыд, Сырдон æй ам кæй æрбай- йæфта бадгæ, ацы дурыл, уый, фæлæ йын гæнæн нал уыд æмæ бадти. Уæдмæ къ^тæртæ фæтæнæг сты, æмæ Сырдон æгасæй дæр разынд. Иæ куырæт йæ уæлæ карст нæ уыд — кæнæ йын æй нарты хъалтæй исчи радта, куы фæзæронд и куырæт, уæд, кæнæ та йын йæ фыдæй баззад; лæджыгъæдæй цух уыди Гæтæг, уыййеддæмæ асæй æххæст уыд. Йæ къæхтыл уыд къогъодзитæ Сырдонæн, æмæ сæ хуылфæй сæ фадхос уыцы къæбæлдзыгæй зынд, цыма йæ къæхтыл уæлдзарм тыхт уыд, æмæ йыл, цъындатæ кæй нæ уыди, уый нæ зынд, кæд ын йæ салбар цыбырад кодта, уæддæр. — Цы бадт фидыс, мæ уд, уый дуры цъуппыл? — йæ сенкцыд гæзæмæ фæсабыр и Сырдонæн. Сатана йæхиуыл схæцыд, фæлæ стгæ не скодта, ома, уæд- дæр цæугæ кæны ’мæ уадз æмæ ацæуа, æмæ йæм афтæмæй æрдзырдта уæле: — Бадын мын хæлæг кæныс? — Гъеуый та сæ кæцы ныддæргъ ис дæ фарсмæ? — цæхгæр фæлæууыди йæ цæуынæй Сырдон. — Мæнæ Борæты рынчын лæппу у. — Æмæ йæ фынæй ардæм æрхаста, кæд Борæты рынчын лæппу у, уæд, ацы сыгъдоны дурмæ? — Афынæй и. Никуы ничи афынæй вæййы? — Дуры кой барæй ницы скодта Сатана — æмбæрста Сырдоны дæлгоммæ ныхас. Сырдон фæд-фæдыл цаддæр хатты скасти Уæнмæ — исчи ма акæсæд амæ дæр, сыдзылбырд дзабыры хуызæн! Сырдоны фæндыр нал бæззы, фæлæ Уæны уыргæфтыды фæндыр! За- рыны æмæ, дам, кафыны фæндыр. Цыма зарæджы фæндыр цæмæн бахъуыд! Зарын кæмæ цæуа, уый æнæ фæндыр дæр дзæбæх ныззардзæн. Хъарæджы хъæуы фæндыр, хъарæджы!
84 Хуыгаты Сергей Фæндыр йæ хъузон у хъарæгæн. Æмæ æнæ фæндыр йæ бон нæ цæуы хъарæгæн зæрдæйы хъыг рахæссын, йæ бон нæу, зæрдæ расыгъдæг кæна, уый. — Афынæй! — загъта хъæрæй Сырдон бустæгæнæджы хъæлæсæй. — Æмæ йын ды та дыджызæ дæ? — Уæй, иунæгæй йæ куыд ныууадзон рынчын лæп- пуйы? — бабустæ кодта Сатана. — Цыдæр хынцфарст та дæ! — Хынцфарст нæ, фæлæ ацы дур куы нæ сфæлдыстаид Хуыцау æмæ фæлтау æппын куы ницы сфæлдыстаид! — фергом кодта йæ зæрдæйыуаг Сырдон. — Æгæр дзæбæх дур кæй у, уый тыххæй! — мæстæй- марæн худт бакодта Сатана, æмæ йæ урс дæндæгтæ ферт- тывтой йæ пух былты ’хсæн. — Дæуæн, бæгуыдæр, хорз у! Ма дæ синтæ фæриссой, ма æндæр, афтæмæй... æппын Уырызмæг зынæг нæма и? — цæхгæр фæзылдта йæ ныхас Сырдон. — Кæм и! Нæй, — йæ разкъæртт къабайы фæдджитæ йæ уæрджыты сæртæм æрбайста Сатана. — Йе ’мгъуыдæй ма бирæ и? — Бирæ йын дзы бæргæ нал и. — Зындзæн, цæмæй йын тæрсыс, — афтæ, дзырдæй ’нæ дзырды ’хсæн дзурæгау бакодта Сырдон, йæхимидæг та афтæ загьта йæхицæн: — Кæмдæр та йæ дæндаг цæуылдæр фæхæцыд, æндæр æз цы Уырызмæджы зонын, уымæн афонмæ йæ тъæпп ам фæцыдаид. — Æмæ ныр кæй онг цæуыс? — цæмæй йын, кæдæмдæр кæй фæцæйцыд, уый йæ зæрдыл æрлæууын кæна, уый тыххæй бафарста Сатана. — Дæлæ Уæрхтæнæгимæ абадон. Мæнæ йын иугыц- цыл сæдгæрысыф хæссын. Йæ цæстытыл фæлм бады, æмæ йын сæ кæд сæдгæрысыфы дон расыгьдæг кæнид. — Æмæ дæм куы ницы зыны. — Мæнæ мæ роны и, — Сырдон йæ куырæты тары йæ къух атьыста æмæ йæ дæларм аныхта. Стæй ацыди Сырдон. Сатана йæ фæстæ нæ азылд, афтæмæй уыдта, йæ аууон йæ фæстæ уыцы сенкцыдæй куыд фæцæйцыди, уый. Уæн хуыссыд, йæ цæнгтыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæ уаду- лы’хъæбæр дурмæ ныххаста. «Дур ын йæ уадул куы бафхæ- ла», — ахъуыды кодта Сатана, стæй йæ къабайы тарæй йæ риуæмбæрзæн фелвæста æмæ, куыд нæ райхьал уа лæппу, афтæ
Нарты Фарнæг 85 йын æй йæ уадулы бын бакодта. Ныр кæд фервæзид йæ низæй, хъуыды кодта Сатана. Куыд æй нылхъывта йæхимæ ацы фыд- былызы дур! Стæй æнæуи дæр базмæлдзæн йæ туг. Сылгой- маджы баныдзæвд æмбарын байдайдзæни ныр. Уыййеддæмæ, сылыстæджы улæфт кæмæ нæ хъара, уымæй лæг пайда нæй. Йæ фæндырдзагьд дæр æмбæлгæ кæны зæрдæйыл, фæлæ йæ агайгæ нæ кæны. Сылыстæджы улæфт нæ хъуысы йæ фæн- дырæй, сылыстæджы сагьæс ын дзы нæй йæ цагьды. Уæле Сынтбадæн рагьыл чидæр тæссармæ æрбараст, йæ ра- зæй, уæгъд æппæрст бæндæнау, цы зæронд фæндаг æрбадаргъ, ууыл. Сатана йæ уæгьд нал уагъта — чи уа? Цуаны чи уыд, ахæм исчи уыдзæн æмæ, æммыст, Фарнæг разынид. Чи зоны, саг амардта, æмæ йын уæд йæ игæрæй ахæрид Уæн. Ацы ад- джын фынæйы фæсгæ йæм хæрын ма ’рцæуа, уый гæнæн нæй. Лæг Дымгæджын æрдузмæ æрбахæццæ, афтæ æрхæй йæ размæ суади иу бæхджын. Куы баиу сты, уæд барæг бæхæй æргæпп ласта, гыццыл алæууыдысты, стæй лæг йе ’ргъом, бæхæй чи æрхызт, уый уæхсчытæм баргъæвта, йæхæдæг бæхыл абадт æмæ фæстæмæ аздæхт. Уайтагъд фæаууон рагъы фæстæ. Фистæг ныхыл фæуырдыг кодта. Лæппу уыд, уый уайтагьд базыдта Сатана йе змæлдæй, фæлæ, кæй лæппу уыд, цы хаста йе рагъыл? Уæдмæ уый уырдыджы дугъ ра- уагъта. Сатана фестади æмæ лæугæйæ баззади дурыл. Лæп- пу згъордта — æгæр уырдыг кæм уыд, уым-иу фæтæссар кодта, уыйбæрц уырдыг кæм нæ уыд, уым-иу æмраст фæца- рæзта йæхи. Хиды хъусмæ куы ’рхæццæ, уæд лæугæйæ аз- зад — уæлæ Сатана лæууы дурыл, йæ бынмæ дурыл иу чи- дæр хуыссы! Сатана йæ базыдта — Елтагъан, далæ Алæгаты сидзæр лæппу. Æмæ йæм бахудт. Æмæ йæм бахудт Елтагъан дæр. Стæй йе ’ргьом бараст кодга йæ уæхскыл æмæ йæм бацыд. — Ньф дын цы хуызæн дугъ уыди уый уыцы уырдыджы, агьæца. Уæд та дæ рахасга де ’ргьом æмæ де знаг исты знаггад ракодта йæхицæн уыцы дурджыны! — æрдзырдга йæм Сатана. — Æргъом уыд ме ’ккой, уый мæ ферох, — худы Елтагъан. Йæ уадултæ сырх пиллон уагътой, уæддæр сæ бæстастæуты дæргъæццон дзыхъхъытæ куыд абадт уадултæн, уый дзæбæх ацахстой Сатанайы цæстытæ. — Гъеуый Фарнæг нæ уыди, нæ? Æмæ йæм дзуры уыцы худæндзастæй Елтагъан: — Уый Фарнæг уыди, æмæ йын мæ бæх радтон, æз та
86 Хуыгаты Сергей Елтагъан дæн æмæ йын йе ’ргъом рахастон. — Æмæ та йæм хæрдмæ скасти Сатанамæ лæппу. Сатана бæрзонд лæууыди дуры хуссарварс, уддзæф ын йæ кæлмæрзæны кæрæттæ ’мæ къабайы фæдджитыл схæцыди æмæ йæм зæды хуызæн фæзынди Елтагъанмæ — цыма уæларвæй ’ртахти уалæ, цæмæй слæууа ацы дурыл æмæ сфидауа дур æмæ сфидауа Нартыбæстæ ’гасæй. — Æмæ ма кæдæм фæцæуы уæд Фарнæг? — Йæ саджысæр кæмдæр ныууагъта уым. Нæ йæ рафæрæзта ’ккойæ, — дзуры йæм уæлæмæ дурмæ Елтагъан æмæ цин кæны Сатанаимæ кæй ныхас кæны, ууыл æмæ хъуыды кæны — афæрсдзæни ма йæ истæмæй? Куы ма йæ афæрсид! Фæлæ йæ нал бафарста Сатана, æмæ уæд йæхæдæг бафарста Елтагъан, Уæнмæ йæ къух бадардта, афтæмæй. — Уый Уæн нæу де ’ддæ? Æмæ ам цы аразы, кæд Уæн у, уæд? — Уæн бæргæ у. Уæлæ йæ уырдæм бакодтон дыууæ доны фыцæнмæ, кæд ын йæ пырхæнты улæфт исты фех- хуыс уаид, æмæ мын ам æрфынæй дурыл. Æппын йæ сæ- рæн нæу, æмæ йæм сымахæй дæр ничи æрдары йæ хъус. Елтагъан йæ сынæг дурмæ бахаста æмæ йæ къæсса ’руагъта йæ кæрон дурæн, йæ фарсмæ та йын йæ хордзен- тæ æрæвæрдта Фарнæгæн. Сатана дур-дур æруади къæссамæ. — Уæдæ дзы игæр ма уа, кæд саг амардта Фарнæг уæд? Елтагьан йæ къухтæ атъыста къæссайы, ацагуырдта дзы æмæ игæр зæрдæимæ иумæхæстæй сласта къæссайæ. — Гъæ, хуыздæр фæуай! — ныццин кодта Сатана. — Æрдæбон ма мын хæдзары дæр игæры кой кодта. Кæд, дам, саджы игæр æрхæссид Фарнæг. Æммыст ныр — арт, æмæ йын дзы йæ рабадынмæ иу кæрдих афизонæг кæн! — Ацы тæккæ уыдзæни арт! — бацин кодта Елтагъан æмæ йæ худгæ цæстытæй йæ тугæйдзаг къухтæм кæсы. — Æри-ма, дæ дыстæ дын басчъил кæнон, — зæхмæ ’рхызт Сатана æмæ йæ урс-урсид даргъ æнгуылдзтæй йæ дысалгъмæ æрæвнæлдта Елтагъанæн. Касти Елтагъан уыцы даргъ æнгуылдзтæм æмæ йæм, йæ зæрдæ куыд гуып-гуыпп кодта, уый хъуысти æмæ йын æхсызгонуыди, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм кæй хъуысти, уый. Йæ уæллаг был-иу " цыдæр æхсызгон змæлд бакодта, цыма ныртæккæ йæ бынæй
Нарты Фарнсег 87 исты хъæлдзæг ныхас сыхъуысдзæн. Сатана йæ цæсты тигъæй уыдта, лæппуйы был куыд змæлыди, уый, хатыд- та, цæмæн змæЛы, уый дæр, æмæ йын ноджы æргомдæр æвнæлдта йæ дыстæм. Уыдта, лæппуйы былы сæрмæ уыцы бурбын фæлмæн хъуын куыд ныффæлдæхти, æмæ хъуыды кодта — рæсугъд рихитæ йын уыдзæн ацы лæгга- гæн, бæгуы. Стæй æнæуи дæр хорз лæггаг у. Йæ дыстæ йын йæ рæмбыныкъæдзтæм куы басчъил кодта Сатана, уæд ма йын йæ гом цæнгтыл йæ æрмттæ иухатт æруагъта, цыма афтæ æнæуи æмæ аздæхт Уæнмæ. Елтагъан Фарнæджы хордзенæй æрцъыккæхсон, кард æмæ цæххы æрмæфтау систа, дурыл сæ рæгъ-рæгъы æрæ- вæрдта. Гыццыл фæстæдæр арты æвзæгтæ дуры фарсыл уæлæмæ сæвнал-сæвнал райдыдтой. * * * Сечъылæгæты сæр, лæзгъæры рæбын саг амардта Фар- нæг. Саг стыр нæ уыди, саг цы вæййы, уый уыди. Фæлæ — йæ сыкъатæ! Фæйнæрдæм ныппакка сты, афтæмæй фæ- цыдысты хæрдмæ, æмæ сыл цæстытæ ирвæзтытæ кодтой. Урс-урсид — æнæуд урс нæ, фидар урс, мæстæг урс æмæ афтæмæй сыгъдæг, цыма сæ дзуарыбынæй рахаста йæ сæ- рыл саг. Æмæ сæм бавнæлдта Фарнæг — сыкъатæ уыдысты лæгъз, къух сыл нæ хæцыди. Йæ зæрдыл æрбалæууыд сæ сыхаг цуанон Дургомы ус Нæлсыппайы ныхас. Кæимæдæр лæууыди уынджы устытæй Нæлсыппа æмæ хъæрæй дзырдта: — Уый цардæй, бирæ нæ, фæлæ афæдз куы ацæрин, уæд сагау сытæ суадзин. Цыма хорз цардæй æрзайынц саджы сыкъатæ! Цыма саг хуыздæр цæры иннæ сырдтæй, йе йын æнцондæр у! Æмæ ацы сыкъатæ рахæсс-бахæсс йæхæдæг уды хъизæмар куы у! Йæ зæрдæйы фæндиаг ын алидзæн дæр куы нæ и. Æмæ йæ иу хъæдбын исты тугдзых сырд куы расуры, уæд, хæрзаг, Хуы- цауыл йæ тæригьæд схъары, уыцы сыкъатæ йыл кæй æрза- йын кодта, уый тыххæй. Ахсгæ дæр æй йæ сыкъаты тыххæй æркæнынц тугдзыхтæ. Сыгъдæг æмæ йын лæгьз дæр уымæн сты йæ сыкъатæ æмæ, йæ удæн куы фæтæрсы, уæд сæ йæ разæй ахæссы цъыхырытыл æмæ хæмпæлтыл хафгæ. Зын- дард кæй сты, рæсугъд дæр уымæн сты. Уыдон баст сты кæрæдзийыл — рæсугьд æмæ зындард. Уый æрдзы фæтк у.
88 Хуыгаты Сергей Æрæджиау æм иу хъуыды фæзынд — куыд ахæсдзæни ацы сæр уыцы пыхс сыкъатимæ? Фæразгæ йæ акæнид, фæлæ уæд фыдызгъæл ам зайы æмæ йæм цæмæ скæсдзæн Уæн? Уыцы хъуыдымæ куы æрхæццæ, уæд февнæлдта æмæ кусарты кой кæнын байдыдта. Стыгьта саджы æмæ та-иу бакаст сыкъатæм — кæм сæ бакæндзæн? Æмæ сæ иу афон ауыдта — уартæ Уæны хуыссæны сæр лæууынц уыцы урс-урсид пыхсæй. Æмæ бацин кодта Фарнæг: йæ фæндыр дæр-иу сыл æрцауындздзæни Уæн — саджы сыкъатæй хуыздæр цæуыл æрцауындздзæни лæг йæ фæндыр! Саг стыгьд фæци, суæнггæ йæ кодта æмæ фыдызгъæл къæс- самæ сæвгæдта. Уый фæстæ сæры уæлхъус æрлæууыд — афтæ уадзæн ын нæй, исты йæм куы бавнала, уæд æнæ- зæрдæмæдзæугæ кæнынц уый хуызæн сыкъатæ. Гыццыл алæууыд æмæ, йæ рахиз фарс цы тæгæр бæлас уыд, уымæ скаст хæрдмæ. Стæй йæ хордзенæй гæрзбæндæн систа, йæ иу кæрон ын сыкъатыл фæхæцын кодта, иннæ кæрон бæласы бинаг къалиуы сæрты аппæрста, дæлæмæ æрхæцыд уыцы кæроныл, æмæ саджысæр ауыгъдæй аззади. Раст цыма къулыл конд уыди, афтæ фидыдта ауыгъдæй. Фарнæг бæн- дæн бæласы зæнгыл æртыхта, балхынцъ æй кодта, иухатт ма скасти саджысæрмæ ’мæ раккой кодта къæсса. Дымгæджыны Елтагъаны куы суыдта, уæд фæфæнд кодта: фæстæмæ аздæха бæхыл æмæ саджысæр рахæсса, йæ къæсса Елтагъанæн арвита хъæумæ. Бæх Сечъылæгæты раз фæзы ныууагъта, йæхæдæг фæ- хæрд кодта фистæгæй. Бæласы бынмæ куыддæр схæццæ æмæ бæндæн халынмæ бавнæлдта, афтæ — къæрцц. Гыццылтæ къæрцц нæ — ахъаззаджы къæрцц. Æмæ фестъæлфыд Фар- нæг. Цы уыди, уый нæма ’рцахста йæ зонд, афтæ ауыдта — бæласæй иу-цаддæр къахдзæф æддæдæр нæудзары тæссармæ сагьдæй аззади кæйдæр фат — нырма йæ сонт рызтæй нæма банцади фат. Иу хъуыддаг бамбæрста Фарнæг: уырдæм не ’хстæуыди, дарддæр æхстæуыди уырдыгæй, уырдæм æнæбары фездæхти фат, скасти саджысæрмæ — уый уæззау хъеллау кодта. Уæдæ йæ уый фездæхта зæхмæ, уый, саджы сæр! Лæууыд Фарнæг æмæ иу каст фатмæ кодта, иу — са- джы сæрмæ. Кæй фат уа æмæ дзы кæй æхстæуыдаид? Æддæдæр былгæрон иу тымбыл обау уыд, къутæрты астæуæй лæгуын сæры хуызæн зывд. Фарнæг æм балæгæрста цъыхы-
Нарты Фарнæг 89 рыты, слæууыд ыл æмæ фæйнæрдæм кæсынтæ систа. Фæлæ нæдæр уæлдай змæлæгыл æрхæцыди йæ цæст, нæдæр уæл- дай уынæр æрцахста йæ хъус. Аздæхон, куыд загъта, афтæ йæ сæрыхъуынтæ ныддыз-дыз кодтой, арц сбадтысты худы мидæг сæрыхъуынтæ, сæвнæлдта йæ худмæ йæ дыууæ къу- хæй, арфдæр æй æркодта йæ сæрыл. Къухтæ уым аззадысты худы уæлæ — йæ акомкоммæ, æрхæн уыцы фарс цы къутæрджын рагъ уыд, ууыл тæссармæ фæцæйцыдысты уыцы азырон бæхджынтæ: сæ иу — разæй, иннæ фæсте. Раззаджы сæрмæ афтид дыстау фæстæмæ ныттынг сты басылыхъхъы хъустæ. Фарнæджы цæсытытыл фæлм абад^и, басылыхъхъ дæр-иу нал ауыдта, бæхджынты дæр. Иæ уæларм сыл куы æруадзид йæ цæстытыл, фæлæ къухтæ худыл баззадысты, æмæ сæ æриса, уымæ нал арæхсти. Афтæ лæууыди æмæ йæ худыл хæцыди йæ дыууæ къухæй. Уæдæ уыдоны æхстæуыд, уыдоны! Сыфтæртæй нæ федта саджысæр фатæхсæг. Сыфтæрты мæнджы кæд агæпп кæнид фат — ууыл йæ зæрдæ дардта. Æмæ æрфæндыд Фарнæджы — асур бæхджынты, баййаф сæ æмæ семæ цæуынтæ байдай уыцы фыдгæнæджы агурæг — фыдгæнæджы агурынæй хуыздæр куыст кæм и а дунейы! Фæлæ уый фæндон уыди æрмæст. Æмæ йæ алы фæндон кæд æххæст кодта лæг?! Барджытæ, рагъыл цы къахыр уыди, ууыл ныххызтысты. Уæддæр ма лæууыди Фарнæг уыцы коса къуыппыл æмæ сæ фæстæ каст йæ фæлмбадт цæстытæй. Цæуынц раст лæг æмæ зылын лæг царды фæндагыл. Раст лæг раст цæуы, зылын лæг — зылын. Æмæ зылын лæг йæ зы- лын цыдæй раст лæджы раст цæуын нæ уадзы — кæм ын лыг бакæны йæ фæндаг, кæм ын ыл иуварс анцайы. Уæддæр цæуы раст лæг, раст кæны йæ фæндаг, цæмæй, йæ фæстæ чи рацæуа, уыдон раст фæндагыл цæуой, æмæ фæсге аззайы. Æнæуи дæр раст фæндагыл цæуын зындæр у, зылын фæндагыл цас æнтысы, уый бæрц ыя не ’нтысы. Æмæ сыл чи æмбæлы, уый раздæр зылын лæгыл æмбæлы, фæндаджы хорзæй дæр уый фæрсы, йæ фæстæ ма чи рацæуы, уымæй дæр. Æмæ йын зьшын ныхæстæ кæны зылын лæг — раст ныхас кæнын нæ зоны. Æмæ цæуынц царды фæндагыл зылын лæг æмæ раст лæг. Æмæ лæгæрды разæй зылын лæг... Фæстæмæ куы ’рбаздæхт бæласы бынмæ, æрмæст уæд æриста йæ къухтæ йæ худæй, бæндæн айхæлдта, саджысæр
90 Хуыгаты Сергей зæхмæ æруагъта æмæ федта: йæ рахиз цæсты фарс асыгъта сæрæн фат. Сау нуæсæй йыл баззади фаты фæд, æмæ ахъуыды кодта Фарнæг: уæддæр хорз уыди, æмæ ныхмæ комкоммæ нæ бацыди фат — фæйнæрдæм сæ фæхастаид сæрæй- сыкъайæ. Фæлæ уал иу хорзы бацыди а саджысæр: мæгуыр азырон бæхджынты бахызта фыдбылызæй — йæ иу фат куы ныззылд иуварс, уæд иннæ нал фехста. Йæ фæстæ бакодта сæр, туджджыны чи агуры, уыцы бæхджынты. Уымæн æвдисæнæн баззайдзæн, фаты цæф ыл цы гакк ныууагъта, уый. Стæй нырма зылын лæг разæй кæй цæуы царды фæндагыл, уымæн дæр уыдзæн æвдисæн уыцы гакк. Сæр йæ уæхскмæ куы систа, уæд та нæуæгæй йæ цæс- тытæ æрхæцыдысты фатыл — уартæ тигьмæ сагъдæй лæууы нæудзары. Исдуг афæнд кодта: бацæуа йæм æд саджы сæр, сласа йæ зæххæй æмæ йæ исчердæм ныззыввытт кæна. Фæлæ йæ йæ зæрдæ нæ хаста, уыцы мæгуыр азыронтæм удхæссæг чи фæцæйтахт, уыцы фатмæ бавнала, уый. Æмæ афтæ сагъдæй баззади фат. 7 Бæхтæ цыдысты сæ иугæндзон цыдæй æмæ се ’лхынцъ къудитæй сæ синты фæлмæнтæ цъыччытæ кодтой. Уæрх- тæнæг размæ агуыбыр и саргъыл, цыма саргъыл нæ бадт, фæлæ къонайы фарсмæ ныллæг бандоныл æруагъта йæхи. Бæхыл бадынмæ нал арæхст. Айгуырты уæрмы куы аир- вæзт æд бæх, уый фæстæ йæ саргъмæ схизыны бон нал фæци. Æмæ нал сфидыдта бæхыл. Фарнæг йæ фæрсты цыд, йæ цæст-иу ыл æрхаста æмæ та-иу ын фæтæригъæд кодта. Знон æрхæццæ хабар^ нартæм: Уырызмæг гуымирты мæличчы ахæсты фæци. Йæхицæн дзы фосгæс æмæ уынг- тæмæрзæг скодта. Фидиуæг Мæйгæс, йæ уынгæг салбары йæ даргъ зæнг- тæ ныттынг сты, йæ цыбыр куырæты фæдджитæ уæлдæф- дымстæй баззадысты, йæ нымæтхуд тымбылтыхтæй йæ къухы, афтæмæй æртæ Нартыл æрзылд, кæм-иу дурыл алæууыд уыцы саджилæй, кæм-иу тыппыры сæрмæ сдугъ кодта, æмæ-иу нæргæ ацыди йæ хъæлæс: — Æхсæртæггаты Уырызмæг гуымирты ахсты бахауд! Стæрхъом чи у — Ныхасмæ рацæуæд. Уыцы хъæр дзы кæцæй цыд — стыр диссаг уыди. Æнæуи
Нарты Фарнæг 91 бæрзонд уыди бæргæ, фæлæ — тæнджытæарæзт, даргъ къубал... Афтæмæй-иу йæ хъæлæс нæргæ ахаста йæхи. Ныхасы къух бакæнæн нал уыд, — афтæмæй нырхуым, ныу- уæззау Ныхас. Мæйгæс кæронæй лæууыд, саджилæг хъил йæ саджилырдæм зæххы куыд ныссадзай, уый хуызæн зынд. Адæ- мыл йæ цæст хаста æмæ йæ тæнæг рихиты бын йæ быдтæ иуыр- дæм ивæзтæй баззадысты — йæ мидбылты худги, æвæццæгæн, бирæ адæм кæй æрцыд Ныхасмæ, уымæй йæхицæй бузныг уыди. Уæдмæ Ныхасмæ ссæуæн къул фæзы фæзындысты Хуро æмæ Еухæр. Хуройæн йæ рон — йæ боцьойы æдде баст, кæд æй йæ тыхстæй нал æрхьуыды кодга. Боцьойы рон кæм æрцахс- та, уыцы ран æвзистарæзт кæрддзæмæй зынди хъамайы урс пылыстæг фистон æмæ боцьойы урсимæ иу кодта. Еухæр йæ иу къухæй йæ бæрз лæдзæгыл хæцыд, йе ’ннæ къухæй йæ фæтæнком сауарæзт хъамайы кæрддзæмы бæрæг астæу, афтæ- мæй уæззау къахдзæфтæй лæгæрста. Рæбинаг дуртæм бахæц- цæ сты æмæ æрбадтысты дуртыл. Иннæтæй дæр ма æрбадти чидæртæ. Дуртæй афтид куы ничиуал уыд, уæд Хуро йæ урс къух йæ урс боцьомæ схаста, æруагьта къух боцьойыл, хъамайы фистоны онг куы ’рхæццæ къух, уæд уым банцад. Æмæ зыр- зыргæнгæ райхъуысти йæ ныллæг хъæлæс Хуройæн: — Фыдбылыз та нын нæ тæрвæзтæ ныххоста, цæмæй йыл нæ дуæрттæ байтындзæм. Цы дарæм уыцы æнæхсадхор гуымирон мæликкæй? Цæмæн нын æрцахста нæ лæджы? Цæй тыххæй дзы скодта фосгæс æмæ уынгмæрзæг? Цы ныл æрцыд, нæ мидæг куы тайæм æмæ куы руайæм, æмæ нæ йе тас куы нал и, йе ’фсарм. Æниу тас дæр æфсармыл баст у, ма тæрс — тас кæм нæ уа, уым йæ кой дæр нæй æфсармæн. Цы кæнæм ныр, кæдмæ нæм дзыназдзæн уырдыгæй?! Иу хъуыд- дагыл нæм дзуринагæй ницы и — æнæ суæгьдгæнгæ йын нæй Уырызмæгæн. Фæлæ йæ куыд суæгъд кæнæм, цы хуызы — уый хъуамæ уа нæ ныхасы сæр, гъе! Æмæ цы амал бакæнæм? Цы скæрддзæни нæ зонд, æмæ цы алыг кæндзæн не ’взаг? Цы амоны нæ къух? Бæргæ куыднæдæр уæхст ба- судза, куыднæдæр — физонæг, ахæм исты амал ссар, фæлæ кæи и! Æмæ зæгъут уæ зæгъинæгтæ ’ргомæй. Æргом ныхас — хъуыддаг аразæг уый у. Зæгъ, Еухæр. Еухæр йæ сæр ныттылдта тынг æмæ ныффуттытæ код- та фæйнæрдæм. — Еухæр ма Еухæр куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ ма
92 Хуыгаты Сергей ’рмæст йæ ныв баззад Еухæрæн, æндæр Еухæрæй рагæй нал и лæг. Мæ зæнг мæ нал хæссы, сайы мæ мæ цæст, мæ уæхсчытыл æндзыг кæнынц мæ цæнгтæ. Мæ къах ма æгъ- дæнцоймæ сисон, уый хъару мæм нал и. Ныр æз хæрыны уæнгæл дæн æрмæст. Нæ фыдæлтæ мæ хуызæтты аккаг нæ кодтой цардæн. Ныр рæстæг аивта ’мæ йемæ аивта йæ уаг нæ цардæн. Лæг ныббутъро вæййы, æгады уагмæ æр- хауы, афтæмæй бацæуы мæрдтæм, цыма бырондон у мæрд- тыбæстæ. Ныххатыр мын кæнут, мæ уды хъарæгыл фæ- дæн. Æниу мæ уды хъарæг нарты хъарæг у. Ныр а гуы- миртæ. Æргомæй сæм куы ныббырсæм — нæ нын рауайдзæн хорз. Гуымирон лæг гуымиры у, йæ ном йæ уæлæ ис. Фæлæ уыйас зондæй кадавар сты. Æмæ сыл зондæй сархайын хъæуы. Уый нæй, уæд ницы рауайдзæн нæ фæндтæй. — Æмæ та йæ сæр ныттылдта уым Еухæр æмæ ныссабыр. Хуро йæ къухыл схæцыд, ронбастмæ йæ систа æмæ Ныхасыл кæрæй-кæронмæ акаст. — Зæгъут, мæ хуртæ, ахæм бон ныл и — зæгъын нæ хъæуы хистæрæй-кæстæрæй, халæн хал æххуыс у. Уæд йæ риуыл размæ рахæцыд, афтæмæй хистæрты- рдæм балæууыд Сауарм, Борæты Сауарм. Мæгуыргъæд хаста æмæ суцца уыди уый тыххæй, мæстыгæр. — Æрæджы куы ’рцыди нырма йæ балцæй, уæд ма кæдæм асхъиудта фæстæмæ, цы ма йын дзы баззад — уæ стыр Хуыцау, ды мацы кæн лæгæн! Иу йæ хъалæй хъайла цæгъды, иннæ æнæ ис-æнæ бисæй фæдисы цæуы. Кæмæн- дæр йе ’хтонг аскъуыди æмæ — фæдис! Кæмæндæр йе ’фтаугæ æрбырыди æмæ — фæдис! Фæдис фæцæуæд æмæ ’рцæрæм, нæ хæдзæртгы мæтæй фервæзæм. Æмæ нæ къонатæ уазал смаг скæнынц, афтæмæй сæ æрæййафæм. — Цы ’хтæнгтæ ’мæ цы ’фтаугæты кой кæныс, цы, агъæца! — йæхи йæм баивæзтытæ кодта Дзæмбы, сæхи Дзæмбы Æхсæртæггатæн. — Цы дзурыс, уый æмбарыс?! Уырызмæг нын ахсты бахауди — нæ хуыздæр! Уый дын æхтонг æмæ æфтаугæ! Æмæ ма чидæртæ стай-тай кодта уым Сауармыл ноджы. Æмæ йæ къухыл схæцыди Хуро. ( — Сауармы ныхас дæр аппаринаг нæу, фæлæ уый æн- дæр боны ныхас у, æнцойбоны ныхас. Абоны ныхас нæу. Фæлæ та Сосланыл куы нæ хæцы мæ цæст. Цыма йæхи
Наргпы Фарнæг 93 гуылы бын æндзарынæн бахъуыд уый дæр. Уым дыууæ къахдзæфы размæ ракодта Сагахс æмæ бадзырдта хистæртæм: — Кæмдæр кæнгæ мад æмæ фыд ис Сосланæн, дард кæмдæр. Сæ рæгъау сын фæтардæуыд. Æрæрвыстой йæм, æмæ уырдæм ацыди Сослан. — Гыццыл алæууыд æнæдзургæйæ Сагахс, стæй йæ сæрыл схæцыд. — Бæргæ хæрзсыгъд куы бауид уæхст, æвзалы куы фестид, сау æвзалы ’мæ физонæг куы баззаид. Фæлæ нæй уый гæнæн — уæхст нæ вæййы, физонæг вæййы цæхæры уæлæ. Æмæ йæ мар- дæрцыд дæр уый у. Уырызмæг судзы, мах ам цалынмæ фæндтæ кæнæм, уæдмæ куы фæуа сыгъд, уæд дзы мах сæр нал хъæуы. Цы ма кæны уæхстæй! Æмæ цы сты æнæ Уырызмæг нартæ? Цы фидаугæ скæндзысты, цы — ахадгæ! Ууыл хъуамæ басæттæм фыццаг. Уый нæй — уæд уæгьды сты нæ фæндтæ. Фæлæ ныл иу фыдниз фæзынд æмæ дзы бындзагъд куы фæуæм, уымæй дæр тæссаг у: йæхи нæ ’нхъæлы алчи иннæтæй лæгдæр — гье, уый у, гъе, нæ фыдниз. Сæфты къахыл нæ уый ныллæууын кодта! Фæлæ нын абон хорз гæнæн ис: лæгдæр чи у, уый рахизæд æмæ зæгьæд, цы гæнгæ нын у, уый æмæ йæ лæджыгъæд бæрæг уыдзæн, цы зæгъа, уымæй. Мæнмæ мæ зæрдæ афтæ дзуры: æхсæвыгон сæм абырсæм чынтимæ æмæ сыл дыууæрдыгæй схæцæм. Адон хуыссæгуарзаг сты, зын хъалгæнæн, йæ риуыл сæ арт кæмæн скæнай, уый дæр кæнæ райхъал уыдзæн, кæнæ — нæ. Æмæ, цалынмæ уыдон хъал кæной, стæй, цы ’рцыди, уый æмбарой, уæдмæ сыл, цин дын фенон, мах куыд æрзиликкам! Хуыссæгхъæлдзæгæй, чи зоны, кæрæдзимæ дæр фæуой — сæ ном сæ уæлæ и: гуымиры сты, æнæзонд. Æмæ сæ цæвæг марæджы куыд нæуал зона, афтæ сын бакæнын хъæуы. Сагахсы фæнд сæ зæрдæмæ фæцыди — бæрæг уыди, сæ сæртæ куыд æнкъуыстой разæй фæстæмæ, уымæй. Кæмæйдæрты сæ цины хъæртæ дæр сирвæзтытæ кодта, гьа-гъа-гъа, куыд хорз, дам, уаид, куы! Æмæ базмæлыд йæ бынаты Фарнæг — æгæр куы сразæнгард уой ныббыр- сынмæ, уæд сæ бауромынæн нал уыдзæн амал. — Рæстæг ивгæ цæуы, афтæ загъта Еухæр. Рæстæгимæ æнæ ивгæ нæй цардæн дæр. Ныллæудзæн ахæм дуг, æмæ нæртон лæг балцы цæудзæн æмæ нæдæр арц уыдзæн йæ къухы, нæдæр сагъадахъ уыдзæн йе уæхскыл ауыгьд. Хæ-
94 Хуыгаты Сергей цæнгарз ма хæсдзæни, цуаны чи цæуа, уый. Лæг марын нал амондзæни лæджы фæтк, сæ фæтк суыдзæн адæмæн — сба- дой фынгыл, баныхас кæной, бафидауой. Нæ мæ уырны, ’мæ фаты ’хситт лæджы зæрдæмæ сабыр хъарм ныхасæй арфдæр бахъара. Лæджы коммæ чи нæ бакæса, уый карды коммæ куыд хъуамæ бакæса! Циу арцы рæхуыст лæджы рæхуыст ныхасы цур?! Æппындæр ницы! Æмæ йыл стай-тай кодтой уым фæйнæрдыгæй Фарнæгыл: — Фарнæг, цыбырдæр дзур! Ныхасæн йæ дымæгджын нæ бæззы. — Дæ ныхæстæ уæлгомвæлдæхтæй кæн, дæлгом ныхас дæлимонты ныхас у! Мæйгæс та йæм афтæ бахъæр кодта, фидиуæг Мæйгæс: — Уыци-уыцитæ ма кæн ам, Фарнæг. Дæ фæндон зæгъ — бырсæм æви нæ бырсæм? Ай æппæт адæм уымæн не ’рæмбырд сты. Æмæ Фарнæг схæцыди йæ къухыл. — Бырсæм æви нæ бырсæм? Хуыцаумæ лæвæрд фæ- уæд — æз дæр ныббырсин иу мæгуыр лæджы бæрц. Фæлæ мыл фæстæмæ цы хæцы, уый — туг! Туг ма ныккæла, адæймаджы туг. Аргъгæнæг аргъ цæмæн не скодта нырма зæххыл, уый туг у, адæймаджы туг æрмæст. Æмæ лæгæн йæ судзгæ цæфтæй хъуамæ ма кæла æмæ зæххыл ма кæна цæмтæ æмæ йыл бæх йæ цæфхæдтæй ма лæгæрда тугыл. Бырсæг хæстон арæзт уыди, — афтæ уыди йе ’гьдау. Къæсæ- рæй нæ рахызтаид æнæ цирхъ æмæ ’нæ арц. Ныр йæ иу къухæй йæ даргь арцы астæу хæцыди, йе ’ннæ къух тьæпæнæй йæ фæ- тæн роны ’ртьыста æмæ къæдзæхы фарчы хуызæн æнæзмæлгæ лæууыд. Фарнæгмæ тигьмæ бакæс-бакæс кодта. Йæ алы ныхас ын дзæбæх нæ хъуыста, уæддæр æй ныр æрурæдта Фарнæджы. — Фарнæг, нывджын дæр дæ, тыхджын дæр. Уæдæ дæ зондæй не ’ппæт дæр фæфæрсæм. Фæлæ мæм ацы хатт дæ ныхас цыдæрхуызон зыны, цыма цъыфы бауайынмæ хъавыс æмæ нæ уæндыс — фæбырынæй тæрсыс. — Хъæбæртæ раст мæ бамбæрстай, Бырсæг. Тæрсын фæбырынæй — мæхицæн нæ, æгас нартæн тæрсын. Куы фæбырæм æмæ цъыфы куы фæцæуа нæ тьæпп. — Куыд бакæнæм? — æргомдæр ма йæ зæгъ. — Куыд бакæнæм? Æз афтæ бакæнин æмæ йæм арвитин дыууæ лæджы.
Нарты Фарнæг 95 — Дыууæ — цæмæн? Æмæ æртæ — цæмæннæ? — Æртæ бирæ сты ’мæ уымæн. Дыууæйæ дæр сæ иу æрмæст æмбал куыд уа. — Стæй цы ми кæндзысты уыцы лæг æмæ йе ’мбал гуымирты мæликкимæ? — Ныхас кæндзысты йемæ. — Цæуыл ныхас кæндзысты, цымæ? — Цæуыл куы зæгьай, уæд сыхæгтæ кæй стæм, кæрæдзийы хъыджы цæуын кæй не ’мбæлы сыхæгтæн, кæрæдзийæн æххуыс кæнын кæй у сæ хæс, Хуыцау сæ уымæн кæй æр- цæрын кодта фæрсæй-фæрстæм... — Стæй сын уæддæр сæ ныхас куы ницæмæ æрдара?! — Уæд та йын балæгъстæ кæнæд, уæд та йын ныббæт- тæд исты... Æмæ ныххор-хор кодтой уым. Афтæ ныххор-хор код- той, æмæ ма æрсабыр уыдзысты, уый æнхъæл сын ничиуал уыди. Сæ тæрк хор-хорæй иугай хъæртæ хъуыст: — Гуымирон лæджы раз нæртон лæг йæ зонгуытыл æрлæууа?! — Дæ зонд фæцыди æви нæ къахын и дæ зæрды?! — Амæ хъусын нæ хъæуы. Ай, лæджы ном худинагæй чи бахиза, ахæмы каст нæ кæны. — Цы йæм ныхъхъусæм алыхатт, цæмæннæ йын фæ- зæгъæм иухатт — æсте! Æмæ уæд сирвæзт Фарнæгæй: — Хъæр кæнын æнцон у ам, хæцын зын уыдзæн уым. Дзырд нæма фæци, афтæ бамбæрста — нæ йæ хъуыд афтæ дзурын. — Тæрсын нæ ма кæн, уо Фарнæг! Ам, кард сласын чи нæ зоны, ахæм иу дæр нæй! — кардау йæ цонг фæхъил кодта Сагахс. Уæдмæ та кæстæртæ дæр базмæлыдысты. — Сагахсы фæндон равзарæм — уый раст у^— ныббырсæм сæм æмæ сæ раст бындзагъд ныккæнæм. Йæхæдæг нын стæрхон уæд Сагахс. Æмæ фæтасыд уыцы ран Сагахс: — Нæ, стæрхонæн уын не сбæздзынæн æз. Кардимæ куыд арæхсын, нæ сарæхсдзынæн адæмимæ афтæ. — Сбæздзынæ! Куыд нæ сбæздзынæ, куы! — Акæн нæ, Сагахс!
96 Хуыгаты Сергей — Ныббырсæм сæм! Æмæ ныннæрыд йæ мæстæлгъæд хъæлæс Фарнæгæн: — Ныббырсут уæдæ, гъа! Ахсæв сымах ныббырсут, со- мæхсæв та — уыдон. Стæй ноджыдæр — сымах æмæ та — уыдон дæр нæуæгæй! Уæдмæ гæныстон фæуыдзысты Нарт- гом æмæ Гуымиргом. Хъæддаг хæмпæл ахъаздзæн сæ сæр- ты, бынæй та маргджын кæлмытæ, сæ саджил æвзæгтæ раласдзысты æмæ сыфсыфгæнгæ рахил-бахил кæндзысты. Гъе, уый сæраппонд хъавут ныббырсынмæ?! Æмæ фæсабыр сты адæм цьус. Кæрæдзимæ дæр бакæстытæ кодтой, стæй Бырсæг йæ арцы фындз бадардта Фарнæгмæ. — Адæмы хъæр сæм нæ хъуысы — гуымирытæ сты уыдон! — Гуымирытæ сты, уымæй раст дæ, фæлæ адæм дæр сты. Адæммæ та адæмы хъæр ма фехъуыса, уымæн нæй гæнæн. — Цыдæр фæлмæнвад ныхæстæ кæныс, нæ дын хом сты дæ ныхæстæ, нæ — фых. Ныр мæнæ Уæн кæй ахсты фæци уалæ Борæйы бæласы бын, уартæ Уæрхтæнæджы дурдзæджындзмæ бастæй чи дардта ацал-ауал азы, далæ нын нæ кад æмæ рады лæгæй фосгæс æмæ уынгмæрзæг чи скодта йæхицæн, — йæ арцы фындзæй иуырдæм-иннæрдæм ацамыдта Бырсæг, — уыдонмæ хъуысы адæмы хъæр?! Кæд сæм хъуысы, уæд сыл цæмæннæ зыны?! Нæ, уыдон, адæмы хъæр кæмæ фехъуыса, ахæм адæм не сты. — Æз дæр афтæ нæ зæгьын, æмæ иууыл иу рæгьыл æвæри- наг сты адæмтæ, цыдæриддæр сты. Афтæ у, ай-гъай: сæ иутæ разæй сгы адæмтæн, сæ иннæтæ аззадысты фæсте, сæ фæндæгтæ зындзæуæндæр уыдысты ’мæ. Адæмтæ дæр фæндаггæттæ сты, уый дæ рох ма уæд. Æмæ лæгæн йæ фæндаггон æмбал куы нæуал фæраза, уæд уымæн куыд фæхъæуы баххуыс кæнын, адæмтæй дæр фæсте чи зайы, уымæн афтæ хъæуы баххуыс кæнын, гъе. Æмæ йын хъуамæ раззæгтæ баххуыс кæной, ра- зæй уыдон цæуынц, фæндæгтæ дæр уыдон зонынц. — Уый та сын — æххуыс, нæ бонæй уæм! Цы дзурыс, уый æмбарыс, уо Фарнæг?! — Куыд æй дзурын — раст афтæ! Стæй сын хъуамæ сæ рæдыдтытæ барæм. Уый удыбæстæ у — сонтæн йæ рæдыд барын. Уыдон та сонт сты нырма, уыцы адæмтæ, йæ лæджы кары чи нæма бацæуы, уыцы лæппу куыд сонт вæййы, афтæ. Ёырсæг йæ арцы цæгатæй зæхх тыхджын æркъуырдта. — Мæ фыдæнæн дзурыс афтæтæ, Фарнæг?!
Нарты Фарпæг 97 — Дæ фыдæнæн — цæмæн? Æнæуи дзурын. Афтæ мæм зыны. Æмæ йæ мæсты хъæр фæцыди уым Бырсæгæн: — Уæд махæн иумæ цæуæн нæй. Ды сын дæ хæдзары фисын дæр райхал, стæй сæ разы зонгуытыл æрлæуу! Мæнæн сæм хатыр курынæн арцы фындз и, лæгъстæ кæ- нынæн та — карды ком æрмæст. Хистæртæ æнкъардæй зæхмæ кастысты. Лæдзæг сæ кæмæ уыд, уый йæ йæ уæхскæй зæхмæ сарæзта. Фæлæ лæдзæг хæссаг нæ уыдысты нартæ. Ныр ныхас æгæр куы даргъ кодта, уæд Еухæры æдцъар бæрз лæдзæг фæхъил и æмæ афтæ хъилæй аззад, стæй та йæ хъæр райхъуыст Еухæрæн: — Уæ ныхас æгæр нытътъанг и, уо дæлæ лæппутæ! Бæндæны даргъ у хорз, уыййеддæмæ ныхасы даргъ цæ- мæн у! Уынаффæ хъæуы ам. Æмæ та йæхи фæразæй кодта Фарнæг: — Уынаффæ хистæрты быгъдуан у. Кæстæртæ сæ фæндæттæ фæзæгъынц æмæ ахæм фæндон зæгъын: дыууæ лæджы йæм арвитæм Гуымиргомы мæликмæ. Уæдмæ нæ ныхас баиу кæнæм ам. Нæ ныхас афтæ баиу кæнæм, æмæ нын нæ лæджы æнаххосæй æрцахста, бынтон æнаххосæй, æмæ уый раст нæу. Уый йын бамбарын кæнын хъæуы — Уырызмæг дæр ницы азымджын у йæ разы æмæ мах дæр. — Лæг æнæмбаргæ уымæн вæййы æмæ, цыдæртæ нæ фембары, гукк! — Лæг æнæмбаргæ уæдмæ вæййы, цалынмæ йæ бамбары... Æмæ йæ кæронмæ дзурын нал бауагъта Бырсæг! — Ды йæм фæцу уыцы лæгæй æмæ йын ды бамбарын кæн уыдæттæ. Махæй никæй бамбардзæн. — Фæцæудзынæн, кæд мæ æрвитой адæм, уæд. — Стæй Уырызмæджы дæр куы нæ рауадза, сымахыл дæр куы ’рхæца, уæд та? Сымахæй дæр уынгмæрзджытæ куы скæна, уæд та?! Сымахæн дæр фæйнæ дыууæ егары куы бафтауа уæ фæдыл, уæд та?! — Уæд та, уæд та! «Уæд та»-йæ чи фæцард æмæ бирæ чи сарæзта? Иу дæр нæ. Кæд æй æнæуи нæ уадза, Уырызмæджы, уæд æз ныллæудзынæн Уырызмæджы бæсты фосгæс æмæ уынгмæрзæгæй. Уырызмæг ам пайдадæр у мæ- нæй. Стæй бон цæуы æмæ фарн хæссы йемæ. Уыцы ныхæстæм хистæртæ сæ сæртыл схæцыдысты. 7 Хуыгаты Ссргсй
98 Хуыгаты Сергей Сæ цæстытæ ныццарæзтой Фарнæгмæ. Уый бафиппайдта Бырсæг æмæ йæм бадзырдта хъæрæй: — Дæхи æгæр нæ хъарыс, цымæ, адæмы сæрвæлтау, уо Фарнæг?! — Цас мын æмбæлы, уымæй фылдæр — нæ! Æмæ ныссабыр Ныхас. Æрмæст ма йæ сæрмæ ныллæ- джыты иу цæргæс зилдух кодта, æмæ та-иу йæ базырты уæззау хъыррыст фæцыди. Елтар кæронæй лæууыд æмæ далæ чынтырдæм æдзынæг каст. Ныр йæ кæсын ныууагъта, разылд æмæ, æгæндæг хъæды бæлæсты ’хсæнты разил-базилгæнгæ куыд цæуай, афтæ бацыд лæгты ’хсæнты Фарнæгмæ, йæ фарсмæ æрлæууыд æмæ йæ сæр æркъул кодта йæ риуыл. — Мæн дæр ма акæн демæ. Æз-иу дын дæ алывæрсты кæсдзынæн æмæ-иу дын фыдбылызæй тас кæм уа, уым-иу дын æй развæлгьау зæгъдзынæн. Уыцы рæстæджы йæ иннæ фарс та Елтагъан æрлæу- уыди Фарнæгæн. Куыддæр Елтар йæ ныхас загъта, афтæ бацырд уый дæр: — Мæн дæр. Æз демæ цæуын уарзын æмæ дæ ныхасмæ хъусын уарзын æз, — йæ хъæлæс барызт лæппуйæн, лæг загътаид ныртæккæ скæудзæн. — Нæ, нæ, — батылдта лæппутæм йæ сæр Фарнæг, — сымахæй ничи рацæудзæни. Сымах æрцджынтæ стут, мæ- нæн та хъуамæ ме ’мбал уа лæдзæгджын. Уæрхтæнæг ныронг хистæрты дæле йе ’дзæм бадтæй бадти, ныр иуырдæм агуыбыр и лæгтæм æмæ адзырдта цыдæртæ, иннæрдæм дæр агуыбыр æмæ та уым дæр адзырдта цыдæртæ, стæй уырдыг слæууыд. — Кæд дын фæндон уыдзæни, уо ме ’фсымæры хъæ- бул, уæд дын æз лæдзæгджын æмбалæн цæуын. — Кæд хистæрты фæндон у афтæ, уæд ыл дыууæ нæ зæгъын æз. Нартæй æртæ бонцауы æддæдæр гуымирон Нозы фырт Бæргьуан царди. Адæм ын йæ галуан дисæн хастой — урс- урсид дзæнхъа дурæй æртæ ’ддæгуæлæйы уыди æмæ дзуары хуызæн фидыдга уыцы рагьы рæбын. Уæдæ йæ рæзты галуанæн фæндаггоны æнæ фездахгæ никуы ауагъта Бæргъуан —
Нарты Фарнсег 99 йæхицæй кæрдзындæттондæр лæг нæ уыди бирæ. Ныр æдзæрæг фæци уыцы фенддаджы галуан. Йæ сыгьд дуæрт- тæ æмæ рудзгуытæй Хуыцаумæ дзынæзта. Арты сау пиллон æддæмæ куыд бырста рудзгуытæ ’мæ дуæрттыл, афтæ сыл сау алайæ баззад. Æрмæст ма галуанæн йæ фисынтæм нæ фæхæццæ и ала, æмæ урсæй зындысты дардмæ фисынтæ. Уæд уыцы хæсты гуымирты ’фсымæрты æвварс рахæцыд Бæргьуан — гуымирон уыд æмæ уæдæ кæй æвварс рахæцыдаид хъуамæ! Æмæ йын æй нæ ныббарстой нартæ. Æхсæвыгон æм бабырстой, галуаныл арт бафтыдтой, бинонтæ цыдæриддæр уыдысты — басыгьдысты йæ мидæг. Хъыртг-змæлæг сæ нал баззад. Галуан быныдзæрæг фæци. Уæдæй нырмæ йæ урс фисынты ’хсæн йæ сау рудзгуытæ æмæ дуæрттæй, цы сау бон ыл ныккодта, уый хабар кæны фæндаггæтгæн. Уый раджы уыди, Борæ æмæ йе ’фсымæрты рæстæджы уыди уый. Дзылæу цуаны фæцыди талмыхъæдмæ, стыр сихæрттæм фæзылди, ’мæ йæ цæст ницæуыл æрхæцыд. Иу уæлбыл, æрулæфон, куыд загъта, афтæ йæ хъустыл æрцыд æнахуыр тыхджын къæрццытæ. Фæйнæрдæм акаст — никуы æмæ ницы. Былмæ бауад æмæ — дæлæ комы дыууæ саджы сæ кæрæдзийы гуымс кæнынц сыкъайæ. Дзылæу уæрдæхтæ аздыхта æмæ йæхи аппæрста былæй. Рацахста сагты, уæрдæхтæ сын акодта сæ сытыл. Фæлæ сæ баурома, уый бæрц хъару йæм нал баззади. Æмæ йæ ахастой сагтæ, исдуг æй ком-ком фæхастой, стæй иу хурджын лæгуынмæ бафтыдысты. Лæгуынæн йæ бæстастæу — æдзæдзы мæ- сыг, йæ алыварс мæсыгæн — бæрзонд быру. Сагтæ быру батыдтой æмæ кæрты бамидæг сты. Дзылæу кæрты астæу лæугæйæ аззад, лæууы æмæ хъуыды кæны — кæм уа? Иуыр- дæм акæсы, иннæрдæм акæсы æмæ та йæ рыгтæ æрцæгьды. Уæд йæ хъустыл ауад— чидæр кæцæйдæр худы æмæ йæ хъæлæс зыланг кæны. Скасти мæсыгмæ — уæлæ мæсыгæй ракæсæны лæууы диссагæн хæссинаджы рæсугъд чызг. Кæсы, Дзылæу йæ рыгтæ куыд цæгьды, уымæ æмæ худы ’мæ куыд худы, афтæ йæ астæу ратас-батас кæны дыууæрдæм. Дзылæу æм кæсыныл фæци, стæй йæм дзуры: — Уæ, уæлæ æхсин, мæгуыр лæг ацæугæ никуы федтай уæ дуæртты? Уæдæ мыл цы дæ хъал калыс?! Чызг фæурæдта йæ худын, фæлæ бирæ — нæ, уайтагъд та ныккæл-кæл кодта нæуæгæй. Хъуыста уыцы кæл-кæлмæ
100 Хуыгаты Сергей Дзылæу æмæ йæм афтæ зынд — авдæны ма куы хуыссыд, уæд æм уырдæм, авдæнмæ байхъуыст уыцы кæл-кæл. Æмæ авдæнæй куы рахызт, уæдæй нырмæ, уыцы кæл-кæл кæцæй цæуы, уый агурæг разил-базил кæны хæхтæ ’мæ быдырты. Ныр бафтыд, уыцы кæл-кæл æм кæцæй хъуыст, уырдæм. Æмæ та сдзырдта уæлæмæ чызгмæ уым Дзылæу: — Æппын дæ иу доны къус нæ рантысдзæн? Мæхи æрæхсин. Чызг гом дуарыл фæмидæг, иу даргъхъуыр гогонимæ фездæхт, асинтыл æрызгъордта — цæст нæ хæцыди йæ къæхтыл — лæппуйы раз уырдыг алæууыд æд гогон. Дзылæу æм йæ æрмтты къуырф бадардта æмæ хæлхæлгæнгæ ра- тахти æрмтты къуырфмæ дон уыцы даргъхъуыр гогонæй. Æхсы йæ къухтæ Дзылæу, æууæрды йæ цæнгты нуæрттæ æмæ та йæ цæсты тигъ авæры чызгыл — куы йæ даргъ къæлæсы æрфгуытыл, куы йæ митхъæпæн дæллагхъуыртыл, куы, йæ къабайы тæрттæ æддæмæ кæм рахæцыдысты, уыцы рæтты, æмæ йæ зæрдæ гуыпп кæны ахъаззаг. Фæнды йæ, исты йæм куы сдзурид чызгмæ, фæлæ нæ ары, се ’хсæн чи сфидауа, ахæм ныхас. Сцæйдзуры æмæ та йæхиуыл фæхæцы. Уæддæр дзы æрæджиау сирвæзти: — Тæхуды, ды кæй хай фæуыдзынæ æмæ дæ уисоимæ кæй къуымты разилдзынæ! Чызг гогон лæппуйы раз авæрдта, йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта æмæ асинтыл сызгъордта дзывылдарау уæлæмæ, асины сæр фæлæууыд æмæ йæм æрдзырдта уырдыгæй Дзылæумæ: — Уæ, дæлæ лæппу, цалынмæ дæ ме ’фсымæртæ нæ æрæййæфтой, уæдмæ ацу, кæннæуæд дын дæ сагты дæр сфизонæг кæндзысты æмæ дæхи дæр. Дзылæуæй йæ сагтæ айрох сты, ныр чызг сæ кой куы скодта, уæд сæм кæсыныл фæци, — уартæ сæ уæрдæхтæ æхсæры къутæрыл стыхстысты, тыхулæфт кæнынц сагтæ æмæ сæ тæнтæ ’ппарынц. — Мауал лæуу, афонмæ æрхæццæ кæнынц, — йæ хъæ- лæсы хъæлдзæг азæлд цыдæр æрбаци чызгæн. — Ам дæ куы æрæййафой, уæд дæхи дæр сафыс æмæ мæн дæр. (— Æз демæ сæфыныл разы дæн, — худы Дзылæу. — Хъазгæ ма кæн, уæ дæлæ мæлинаг. Ды нæма зоныс ме ’фсымæрты. Ацу, масты мæ ма баппар.
Нарты Фарнæг 101 — Ацæуин, кæд ма дæ фендзынæн, уый куы базонин, уæд. — Уынгæ — æвæццæгæн, никуыуал. — Уæд мæ фæлтау сфизонæг кæнæд де ’фсымæртæ. Чызджы цæстыты уæлтъыфæлттæ фестъæлфыдысты. Цыдæр къахæджы кастæй æркасти лæппумæ. — Уый дæ физонæг кæнын куы райдайой, уæд афтæ нал зæгьдзынæ. — Уæд цы зæгьдзынæн, уый нæ зонын, фæлæ ныр цалын- мæ иу зæрдæвæрæн ныхас нæ фехъусон, уæдмæ мæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæн, — æмæ та йæ сагтæм аздæхти. — Уæд нæм-иу æнафонты æрцу, ме ’фсымæртæ фынæй куыд уой, афтæ. — Æмæ мемæ ацæудзынæ? — Кæд ма мæм афтæ дзæбæх фæзынай, уæд — гъо! — йæ ’рмттæй та йæ цæсгом амбæрзта чызг æмæ гом дуарыл фæмидæг. Æмæ ацыд иу талынг æхсæв Дзылæу йе ’фсымæр Болатбæр- зæимæ. Хæсгæ йæ бæргæ ракодтой Уæхъызæйы, фæлæ сæ ’фсымæртæ базыдтой, æмæ хæст рауад се ’хсæн. Дзылæу мæлæтдзаг цæф фæци æмæ йæ афтæ цæфæй иу къæдзæхы дæллагхъуыр æррæвдыдта Уæхъызæ, йæ фарсмæ æркъул кодта ’мæ. Стæй, Дзылæуы уд дзæнæггаг куы баци, уæд Уæхъызæ- йы Болатбæрзæй сæгдзæфæй Сæуæссæмæ æркодта. Уæд базмæлыд гуымиргом æмæ цалдæр азы дæргъы нал æмæ нал скъуыди сæ хæсты къуди нартимæ... Æртыккаг бон ныххæццæ сты нарты бæлццæттæ Бæр- гъуаны галуанмæ. Рагъы дæлвæджджийæ сæм каст йæ сыгъд æмæ арыд цæстытæй. — Ам æрулæфæм. Нæхи дæр фæсайæм фæйнæ къæбæ- рæй, — загьта Уæрхтæнæг. — Æрулæфæм, — сразы и Фарнæг. Æмæ баздæхтысты галуанмæ, фæндаггæттæ йæм цы къахвæндаг бакодтой, ууыл. Къахвæндаг цыди дыргъдоныл. Бæлæстæ æнæ зылдæй ныппыхс сты, уисойы къуыдырты хуызæттæй зындысты, сæ быны цы арф æмæ хъæддаг хæмпæл уыд, уымæй. Галуаны раз æрхызтысты бæхтæй. Фарнæг хордзентæ æриста æмæ тыргъмæ бахызти. Уым уыди дуртæ бадынæн, сæ астæу та фæйнæг — фынгæн. Фæндаггæттæ-иу дзы æрбадтысты. Фарнæг хордзенæй хæринæгтæ æмæ ронджы лалым систа.
102 Хуыгаты Сергей — Бæгуы, æвгъау нæ уыди, нæ — ай хуызæн галуан æмæ йæ афтæ басудз! — загъта Уæрхтæнæг, тыргьмæ куы бахызт, уæд. — Бирæ, дам, куы фæцарди сæ хо гуымиртæн, уый æппæт туг кæй тыххæй ныккалди, уый. Ды йæ нал æрæййæфтай? — Дзылæуы идæдзæй зæгъыс, цы? Æмæ йæ куыд нæ æрæййæфтон! Фæткуыл сылыстæг нæ уыди, нæ! Лæппу йын райгуырди ’мæ йын йæ хъару дисæн хастой. Фæлæ цыдæр фæдисы фæмард, йæ лæджы кармæ нæма ахæццæ, афтæмæй. Йæхæдæг бирæ фæцарди сæ хо гуымиртæн. Уыцы ныхæстæ куы кодтой, афтæ сæ хъустыл æрцыди кæйдæр нæргæ хъæлæс: — Ай æмæ чи стут? Æмæ ауыдта Фарнæг — уæртæ тыргъмæ рахизæны гом дуарыл иу стыр лæг лæууы, фæжæт бацахста бынтондæр. Уæрхтæнæг лæгмæ къухаууонæй бакасг æмæ йæм бадзырдга: — Фысым ды дæ æмæ уал нын ды бацамон дæхи. — Гуымирон лæг дæн æз. — Мах та нæртон стæм, — æмæ фынгмæ бадардга йæ къух Уæрхтæнæг. — Уæдæ нын нæ фынгыл баввæрс, гуымирон лæг. Лæг фынгмæ бакаст æмæ бахудг: йæ бахудгыл бæрæг уыди — гуымирон фынджы ’нгæс æм нæ фæзынди сæ фынг. Фæс- тæмæ баздæхт хатæнмæ æмæ дзы йемæ рахаста мæхæл. Къæйыл æй æрæвæрдта æмæ йын йæ комы йе стыр къух нытътьыста, гуыдынтæ ’мæ дзы рæуæды ’вдасарм систа. Æвдасармыл уæлæ- мæ схæцыд, йе стыр тъæпæн фындз æм бахаста. — Мæ фыдызгъæл ма фенуд уа! — Стæй бахудти лæг. — Æниу гыццыл куы фенуд уа, уæд ын цы у! Арсæн цалын- мæ йæ холы нæ фенуд уа, уæдмæ йæ куы нæ хæры, уый тыххæй махæй æнæуддæр у арс! Лæгæн йæ раззаг бинаг дæндаг хауд уыд. Æмæ-иу дæн- даджы бынатæй йе ’взаджы цъупп фæзынд, æмæ йæм Фар- нæг кæсгæйæ баззад — кæмдæр ма федта ацы гуымирон лæджы. Каст æм æмæ йæ æрхъуыды кодта. Йæ ном дæр æрбалæууыд йæ зæрдыл — Хъæрæмæдз! Хъæрæмæдз хуынди гуымироны ном. Нарты лæппутæ цуанæй рацæйздæхтысты. Ай Мæлхъыдоны был фынæй кодта. Уæлгоммæ хуыссыд æмæ йæ хуыр-хуырæй бæстæ хаста. Йæ риу ныффæтæн къонайы дæлтъурау. Æмæ йын арт ма скæной йæ риуыл лæппутæ! Хорз уыд, æмæ Фарнæг сæ фæстæ цыди. Ахуыс- сын кодта арт — йæ цылыхъы дон ыл ауагъта. Æмæ райхъал
Нарты Фарнæг 103 лæг. Арт куы ссыгьди йæ риуыл, уæд нæ райхъал, фæлæ, куы ахуыссыди, уæд. Фарнæджы зæрдæмæ тынг фæцыд Хъæрæмæдз — артæй дæр нæ фæтарст. Лæппутæм дæр мæнæ-мæнæ не смæсты. Уыцы худгæмхасæн та-иу загъта: — Мæнæ ды нæ уыдтæ, уæд мæ нæ сыгьтой уыцы куыдзы хъыбылтæ! — æмæ та-иу йæ афтид дæндаджы бынатæй йе ’взаджы цъупп фæзынд. Лæг гуыдын æрсæстытæ кодта йе стыр сау къухтæй, дзидза дæр æрлыгтæ кодта йæ хъамайы йас фарсылдарæн кардæй. Æмæ сыл нартырдæм ахæцыди. — Фенут-ма, нартæ, гуымирон хойраг. Фарнæг дзидзайы ставд кæрстытæм худгæбылæй каст, стæй аздæхта йæ цæстæнгас Хъæрæмæдзмæ. — Нал мæ хъуыды кæныс, уо Хъæрæмæдз? Лæг æм исдуг кæсынтыл фæци, стæй йæм йæ цæстытæ ирдæй аззадысты. — Уый ды куы дæ, ды, æмæ æз та æрдæбонсарæй куы тыхсын — кæм федтон ацы лæппуйы! — дзургæ-дзургæ æрба- дæларм кодта Фарнæджы æмæ дзы ницуал фæзынд — æгасæй Хъæрæмæдзы дæларм аныгъуылд Фарнæг. Æмæ та загъта Хъæрæмæдз, уæд, уыцы бон кæй дзырдта, уыцы ныхæстæ: — Мæнæ ды нæ уыдтæ, уæд мæ нæ сыгътой уыцы куы- дзы хъыбылтæ! Мæ мидвынæйæ йæ æмбæрстон, арт мыл кæнынц, фæлæ райхъал уон, уый мæ бон нæ баци, æгъуыс- саг уыдтæн æмæ. Æнæуи дæр мах тыхджын тарф фынæй- гæнаг стæм, гуымиртæ. Æрæджиау, Фарнæджы куы суагьта, уæд Уæрхтæнæгмæ аздæхти Хъæрæмæдз. Арты хабар дæр ын ракодта, афтæ хъазгæмхасæн, цыма æцæг арт нæ уыд, цыма хъазæн арт уыд. Æмæ та уымæн дæр йæ ныхас уыцы ныхæстæй фæци: — Мæнæ ай нæ уыд, уæд мæ нæ сьпътой уыцы куыдзы хъыбылтæ! Лæууыдысты æмæ кæрæдзимæ кастысты. Хъæрæмæ- дзæн йæ бæзджын былтæ фæхицæн сты, доны дыууæ бы- лау, æмæ сæм йе стыр тъæпæн фындз уæле дæлæмæ каст. Æрæджиау базмæлыдысты йæ былтæ: — Куыд хорз уыди, кæй дыл сæмбæлдтæн, уый! Æмæ ныр аипп ма уæд, фæлæ цы аразут гуымирты бæстæйы? — Уый дæр дын зæгъдзыстæм, Хуыцау дæ хæрзæмбæ- лæг фæкæна. Ныр та æрбадæм æмæ кæрæдзийæн фæйнæ сыкъайы бадарæм.
104 Хуыгаты Сергей Хъæрæмæдз æрбадти. Фарнæг лалымæй ронг рауагъта æмæ йæ Уæрхтæнæгмæ бадардта. Уæрхтæнæг кувын дзæ- бæх нал зыдта, тарсти, кæйдæр лæджы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа йæ куывд æмæ Фарнæгмæ бадзырдта: — Дæхæдæг ракув. Æмæ ракуывта Фарнæг: — Хуыцау, табу дæуæн! Хуыцау, иу бон дæ ном куы арæм, — сæдæ бон не ’ххуысгæнæг куыд уай, уыцы ахъаз нын бакæ. Хуыцау, дæ быны стæм, нæ хорз дæр дæм хорз зыны ’мæ не ’взæр дæр. Гъемæ нæ хорз хуыздæрмæ куыд цæуа, не ’взæр — куынæгмæ, уыцы амонд нын дæ цæст бауарзæд. Кувы Фарнæг. Хъусынц æм дыууæ лæджы, сæ зæрдæтæ райынц æмæ хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр кæнынц, кæрæ- дзимæ бакæсынц æмæ кæсгæйæ баззайынц кæрæдзимæ хæ- стæджытæ-хиу æттау. — Хуыцау, иу ран нæ æрцæрын кодтай гуымирæй дæр, айгуырæй дæр, азырæй дæр æмæ кæрæдзийы дзæбæхтæ куыд хъусæм æмæ кæрæдзийы цинтæм куыд цæуæм, уыцы тæра- зы нæ бафтау. Уæ рухсхур сфæлдисæг, нæ фæндæгтыл цы талынг ныххизæнтæ æмæ схизæнтæ ис, уыдон нын барухс кæн, кæлгæ сыл куыд нæуал кæнæм, фæлæ сыл хъæлдзæ- гæй куыд рахиз-бахиз кæнæм, уыцы амонд дæр нæ уæд. Кувы Фарнæг. Хъусынц æм Хъæрæмæдз æмæ Уæрхтæ- нæг æмæ зæлы куывд уыцы урс галуаны артарыд æмæ алабадт къуымты, зæлы сомыйау — нырæй фæстæмæ йæ галуан искæй къухæй никæмæнуал басудздзæн, зæлы ард- хæрдау — йæ бинонтæ никæмæнуал сфизонæг уыдзысты, цæрынæн сын цы галуан сарæзта, уым. — Фæндæгтыл цæуæм, уæ дунетæ рухсгæнæг æмæ хъарм- гæнæг Хуыцау, нæ фæндæгтæ рухс æмæ хъарм куыд уой, фæндаджы тасæй хæцæнгарз куыд нæуал хæссæм немæ, фæлæ нæ цæнгтæ тыгъдæй куыд дарæм, кæуыл амбæлæм, ууыл ныттыхсынмæ, ахæм зонд нын дæ цæст бауарзæд! — фæци куывд æмæ Хъæрæмæдзмæ авæрдта кувæггаг. Хъæрæмæдз ыл йе стыр къух æрбатыхта сыкъайыл — ма фæкъул уа, æртах дзы ма æртæдза. Уый ныр хуымæтæг сыкъа нал уыд уыцы куывды фæстæ, фæлæ цыдæр табу- гæиинаг фестади, дуне рухсдæр æмæ хъармдæр фæкæнын кæмæн у йæ бон, ахæм диссаджы сыкъа. — Уый дын кувæггаг у, — дзуры йæм Уæрхтæнæг.
Нарты Фариæг 105 — Кувын хорз у, тыхджын хорз у кувын. Махмæ кувгæ нæ кæнынц. Нæ зонынц кувын мах адæм. Хуыцау нæ уæнгдыхæй цы фæхъулон кодта, уыйас нæ иннæрдыгæй нырриуыгъта. Хуыцаумæ дæр уæлдæйттæ нæй, ма тæрс. Æмæ кæй бахъуыди дæ къуырма тых?! Лæгæн йæ уаг æмæ йе ’гъдауæй куы нæ цæуа йæ тых, уæд мæгуыр у, цыфæнды хæцъæфджын куы уа, уæддæр. Гъеныр мæнæ ацы лæппуйы куывдæй мæ зæрдæ бирæ фæрухсдæр и мæнæн. Куывд хорз у. — Уæдæ «оммен!» зæгь æмæ йæ ануаз. Кувæггаг у уый, — бадзырдта та йæм Уæрхтæнæг. Æмæ йæ куы банызта, уæд Фарнæг мыдамæсты былæй иу комдзаг æрсаста æмæ йæ авæрдта Хъæрæмæдзмæ. Хъæрæ- мæдз æй йæ дзыхы акодта, æрæууылдта йæ æмæ загъта: — Мæнæ цы хæрзад у! Ахæм хæрзад хæринаг мæ хъуыры никуы ацыди нырма. — Уый нæртон хæринаг у — мыдамæст. Мах йеддæмæ йæ ничи зоны, — загъта Уæрхтæнæг. Æмæ та уæд Хъæрæмæдз дæр загъта: — Нæ мæликмæ иу нæртон лæг и, йæ туг ын баныуæзта! Уæрхтæнæг æмæ Фарнæг кæрæдзимæ бакастысты æмæ кæрæдзийыл æрсабыр сты сæ цæстытæ. Хъæрæмæдзæн йæ къух атымбыл, йæ цонджы нуæрттæ базмæлыдысты дысты мидæг. Уæдмæ Фарнæг сыкъа æрыдзаг кодта æмæ йæ Уæрхтæ- нæгмæ радта. — Хуыцау, рæствæндагыл нæ бафтау! — загъта Уæрх- тæнæг æмæ йæ ануæзта. Æмæ та уæд Хъæрæмæдзмæ ба- дардта сыкъа Фарнæг. — Æз æй куы бануæзтон. — Кувæггаг уыди уый. — Ай та цы у? — Уый та — рæгъ. Хъæрæмæдз айста сыкъа. — Гъеныр дзæбæх ма акув! Кувын мæм æрцыди мæнмæ дæр. Фæлæ махмæ нæ кувынц æмæ нæ зонын кувын. — Æмæ уæм кæд нуазгæ кæнынц, уæд кувгæ куыд нæ кæнут? — бафарста Уæрхтæнæг. — Нуазгæ дæр куыд кæнæм — чи нæ кæм баййафы, уым! Æвæццæгæн нæм æрæджы фæзыиди нуæзт æмæ нæ нуазын базыдтам нырма, нæ — кувын.
106 Хуыгаты Сергей — Æмæ цы хуызæн нуæзт дарут? — Даргæ йæ нæ кæнæм — баныуазæм æй, — бахудти Хъæрæмæдз. — Сæн нæм вæййы, туаг сæн. Сæнæфсир зайы гуымиргомы. — Ануаз уæдæ дæхион æмæ фынгмæ æрæвнал. Æмæ багуыбыр сты æртæрдыгæй фынгмæ. Уæрхтæнæг æууылдта, æмæ йæ цæстытæ сæхимидæг змæддысты. Иуафон йæ комдзаг нынныхъуырдта æмæ баздæхти Хъæрæмæдзмæ. — Æмæ йын цытæ кусын кæны уыцы нæртон лæгæн уæ мæликк? Хъæрæмæдз йæ цæстытæ æрцъынд кодта, йæ сæр батылдта. — Иæ фос ын хизын кæны, йæ уынгтæ йын мæрзын кæны, фосы бынтæ йын хафын кæны. Удыртау дзы нал баззади, батади. Æмæ цы хуызæн рæсугъд лæг уыд! Æм- бырдтæ йыл кодтой — йæ размæ-иу рацыдысты. — Гæр æмæ алидзын дæр нæу йæ бон, æндæр ницы фæлæ! — Ахæм къамбецы йас егартæ йыл бафтыдта! Рагсомæй йæ фæйнæфæрсты ацæуынц æмæ изæры йæ фæйнæфæр- сты æрцæуынц. Фæзилын нæ, фæлæ йæ фæкæсын дæр никуыдæм уадзынц. Æмæ бахус лæг. Уæрхтæнæг æдзæм-æндзыгæй касти Хъæрæмæдзмæ, стæй йæм бадзырдта: — Дзæбæх лæджы каст кæныс, уæдæ а лæппуимæ дæр зонгæ разындтæ æмæ ма йæ дæуæй цы ’мбæхсæм: мах уый агурæг рацыдыстæм, уæ мæличчы ахст лæджы агурæг. Хъæрæмæдз йе стыр æрмттæ фæйнæрдæм аппæрста. — Уанцон нæу! — Уæдæ! Æмæ нын Хуыцау дæу нæ размæ рарвыста, табу йын уа! — Æмæ уын хæстæг у? — Хæстæг ма цы вæййы! Мæнæн ме ’фсымæры лæп- пуйы лæппу у, амæн та, — йæ къух Фарнæджы уæхскмæ бахаста Уæрхтæнæг, — йе ’фсымæры лæппу. Хъæрæмæдзы цæстытæ сдыууæрдæм сты: — Дæуæн — де ’фсымæры лæппуйы лæппу, амæн та йе ’фсымæры лæппу? Æмæ ай нырма лæппу куы у, уæд ын уый карæн æфсымæры лæппу кæцæй æрцыди? — Цæвиттон йе ’фсымæры лæппуйæн райгуырди дыууæ фаззоны: уый, Уырызмæг æмæ Хæмыц — йæ кæстæр. Стæй дын Хуыцау хорз ракæна, — æмæ йæ хæлар зæрдæйæ ахъавыд,
Нарты Фарнæг 107 Уæрхæджы зæровдырдæм Уырызмæг æмæ Хæмыц сæ мадимæ куыд бацæрын кодгой, æмæ ма йын ноджыдæр дыууæ фаззоны куыд райгуырд, уыдæтгæ радзурын. Фæлæ сæ нал радзырдта — цæмæйзон, куыд фæкæсдзæн кæйдæр лæгмæ, Уæрхæг йæ чын- дзимæ кæй бацард, уый! Æмæ цæхгæр фæлæууыди йæ ныха- сæй. Хъæрæмæдз æм кæсгæйæ баззад æмæ йын уæд мыдамæ- стытыл йæ размæ бахæцыд. — Ахæр а мыдамæстытæй, кæд дæ зæрдæмæ фæцыдысты, уæд. Æфсæрмы ма кæн. Æмæ та фынгмæ аздæхти Хъæрæмæдз. Хордтой Уæрхтæ- нæг æмæ Фарнæг дæр. — Уæдæ ма йæ æз дæр цы ’мбæхсон, — æнæнхъæлæ- джы йе стыр армæй йæ былтæ асæрфта Хъæрæмæдз. — Лыгъд лæг дæн æз. Уæрхтæнæг æмæ йæм Фарнæг комкоммæ бакастысты. — Куыд лыгъд, ома? — бафарста Уæрхтæнæг. — Нæ мæликкимæ фæхыл дæн. Марын мæ кодта йæ дæлдæртæн, æмæ ралыгътæн. — Гæр æмæ дæ куыд марын кодта, цæй тыххæй дæ марын кодта?! — Хъуыддаг уымæй райдыдта, йæ ахст лæгæй. — Уырызмæгæй, ома? — Уырызмæгæй. Иу изæр ын йæ фос æрыскъæрдта. Ныр ма йæ дыууæ къахы йæ фæдыл тыхтæ-амæлттæй ласта. Уыдон æй мидæмæ дæр куы нæ бауадзиккой, мæличчы дæлдæртæ, фæлæ йын йæ размæ уисой ма радыввытт ла- сой, уынгтæ, дам, ныммæрз. Æз мæ маст нал баурæдтон, балæгæрстон æм мидæмæ, æмæ йæм дзурын, мæнæ сымахæн куыд дзурын, афтæ: ацы лæджы тæригъæд дуры гуыбыны куы нæ батайдзæн, уæд æй цæуыл æнæтуг æргæвст кæныс?! Цы дын кодта? Уый мæм ма фæгæпп ласа æмæ мын йæ тымбыл къухтæ мæ былтæм ма ’рбахæсса. Ды, дам, иууыл нарты ’вварс хæцыс, дæу, дам, судзын хъæуы æд мыстытæ. Æз ын йæ риуыл фæстæмæ ахæцыдтæн. Уый та нæ- уæгæй фæхъил кодта йæ къухтæ æмæ та стыфылтæ калдта. Сæ уд, дам, исæд, цалынмæ, дам, айгуыртимæ цæдис кæ- нон, уæдмæ, стæй, дам, æртæ Нарты бынаты æртæ бæх- доны сараздзынæн. Сæ сылыстæг та, дам, сын тæлæт ракæндзынæн зæрондæй-нæуæгæй, сæ сылыстæг, дам, сын рæсугъд хонынц. Æмæ, дам, сæ хæдзари-хæдзар байуардзынæн. Афтæмæй дын дзургæ-дзурын, фынг дæр
108 Хуыгаты Сергей бахатыр кæнæд æмæ сымах дæр, ма сгуыз-гуыз кæна. — Гуыз-гуыз а?! — йæ бадæнæй рабадæгау кодта Уæрхтæнæг. — Гуыз-гуыз, уæдæ! — Гæр æмæ рахæн фæци! — Æвзæр истæмæйты æвзæр вæййы! Раст мын цыма ме ’хсæрфарс ныдздзæхст ласта, уыйау мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Æмæ мыл, æзын, гуыз-гуыз та цы кæныс?! Æмæ, дам, дæ хуызæттимæ, мæ гуыз-гуызгæнæ- нæй фæдзурын æз. Фæлæбурдтон æм, хъуамæ йæ ных- хурх кодтаин, фæлæ мыл æрбакалдысты йæ дæлдæр- тæ уый æппæтæй, фæйнæрдыгæй мæ рæхойын æмæ рæтъузын систой, мæнæ цыдæр амæлттæй нæ раирвæзтæн — æнæ маргæ мын Хуыцау хос нæ загъта. Æниу сæм ныр дæр афтæ дзырд и йæ дæлдæртæм, хъуамæ мæ амарой. Æвæц- цæгæн æм бахъардта мæ къухты ахаст. Уæрхтæнæг æм йæ дыууæ цонджы баивæзта, йæ бадæ- нæй дæр та рахæцыд йæхиуыл. — Фæлæуу, фæлæуу, дæу амарой, ома? — Мæн, мæн, уæдæ кæй! — бахудти Хъæрæмæдз, æмæ та йе ’взаджы цъупп фæзынд йæ хауд дæндаджы бынатæй. — Гæр æмæ афтæ маргæйæ у?! Ныр ын йе ’взæр ми йæ цæстмæ бадардта, уый тыххæй... — Йæ бон у. Мæликк йæ бон калы. Ныр иу-цалдæр боны æмæ ’хсæвы ам æмбæхсын. Хорз у, æмæ мах адæ- мæй ардæм ничи æфты, тæрсгæ дзы кæнынц, æлгъыст хæдзар сын у. Æндæр мæ афонмæ ссардтаиккой. — Дæхи сæ хиз, æз — дæ мæрдты уазæг, — йæхи йæм бакъултæ кодта Уæрхтæнæг. Фæссихор Хъæрæмæдз ацыд. Ныфс сын бавæрдта — изæры сæм æрбацæудзæн æмæ сын уæд зæгъдзæн, цæуой ма дарддæр æви ам лæууой æмæ æнхъæлмæ кæсой ам. Уый куы ацыд, уæд, сæ цуры цы хатæн уыд, уый гом дуарыл бахызтысты. Рæбинаг къуымы уыд лыстæн — хъæбысыдзаг хæмпæлтæ, нытътъæпæн сты, æвæццæгæн- иу сыл бæлццæттæ хуыссыдысты. Уæрхтæнæг комкоммæ бацыд лыстæнмæ, йæхи йыл æруагъта æмæ уайтагъд афы- нæй. Фарнæг гом фæрссаджы раз слæууыд æмæ æддæмæ касти. Куыд уыдзæни сæ балц — хæрзæбон сæм кæсы æви фыдæбон? Хъæрæмæдзыл кæй сæмбæлдысты, уый
Нарты Фариæг 109 уал хорз у. Фæлæ, мæликкимæ хыл кæй у Хъæрæмæдз, уый та хорз у, цымæ, æви æвзæр? Мæликмæ нæ фæхæццæ уыдзысты, æвæццæгæн. Æвæц- цæгæн, æвзæр лæг у. Ныхасæй ницы рамбылдтаиккой, куыд зыны, афтæмæй. Чи зоны ’мæ сыл сгуыз-гуыз кодгаид уыдоныл дæр. Уæддæр абон ма уæд — райсом цард ныхасæй аразгæ уыдзæн. Ууыл гуырысхо нæй. Уæд ыл хæрзаг йæ къах æркъ- уырдтаид Бырсæг, ома, гъеныр баныхас кæн йемæ! Стæй канд Бырсæг цæмæн? Æндæр дзырд сæм куы нæ уыди — ныббыр- сæм! Уый ма сын у иумæйаг — ныббырсын! Уæд ма вæййынц æмзонд. Æниу, чи зоны, се ’мзондæй нæу уый дæр. Чи зоны, фæдисхъæр сæ зондмæ хæццæ дæр нæ бавæййы, афтæмæй ракæлынц сæ хæдзæртгæй. Кæд дзы фыдæлты хъæр ис фæ- дисы, æмæ йæм сæ туг базмæлы, сæ зонд нæ фæлæ. Сæ туд- жы баззади фæдисы цæуын. Уæдæ æнæуи иу хъуыддаджы æмзонд куыд нæ сты афтæ. Æмæ ма сын æниу цы хъуыддаг баззад æмæ ма кæм бахъæуы се ’мзонд?! Куывды бадын? Æмæ уый дæр фæдисыл баст у. Стæрæй куы ’рбаздæхынц, уæд фæкæнынц куывдтæ. Чи сæ фæмард, чи фæцæф, уый дзæбæх зонгæ дæр нæ бакæнынц, афтæмæй фынгыл андзарынц сæхи. Æмæ ронг куы нынцъухынц дзæбæх, уæд сæм афтæ зынын байдайы, цыма æмзонд сты æмæ æмвæнд. Стæй цыма хъæбатыр сты ноджы. Ахæм ныхас дæр сæм уæд фæзынди, сæ куывды: нартæ кæнæ хъуамæ стæры цæуой, кæиæ фынгыл бадой. Кæнæ хъуамæ хæцгæ кæной, кæнæ — нуазгæ ’мæ хæргæ. Æбуалгъдæр ма цы скæрддзæни лæджы зонд! Ома, нын уæлдай нæу, фæн- ды стæрхоны хъæр хъусæм — маргæ! Фæнды хистæры куывд. Фæнды стæрхоны хъæрыл сæ хъæр æфта — маргæ! Фæнды фынгыл хъæр кæной — «оммен!». Ома, фæнды туг кæлæд цæфтæй зæхмæ, фæнды — ронг дурынæй сыкъатæм. Кæддæр та афтæ уыд: нæ фæрæстмæ и се стæр, уæд-иу сау дардта Нартыбæстæ, нартæ сæхæдæг та — барысчъи. Нæ, уæд иу уыдысты нартæ. Цыдæр сæ иу кодта. Фæлæ — цы? Цы уыди уый, сисы дуртау сæ цы хæцын кодта кæрæдзиуыл? Кæд- дæр-иу Алæгаты хæдзар уыди сæ куывддон æртæ Нартæн. Æмæ дзы цы фарн уыд! Æрмæст йæ койæ дæр-иу уæнгтæ фæйнæрдæм ахæцыдысты сæхиуыл. Се стыр куывды-иу дзы куы рабадтысты, сæ куывд, сæ тавицы ныхас-иу сойыл цæуæгау цыди фынгæн йæ сæрæй йæ кæронмæ далæ. Æнæуи йæм мачи бацыдаид — нæ йæм фæччыди
110 Хуыгаты Сергей цæуын æнæуи. Ныр ын йæ дуар æхгæдæй нал фендзæни лæг. Кæд кæй бафæнды, уæд æм бахæссы йæ нуазинаг æмæ йæ хæринаг. Нуазы ’мæ дзы хæры æнæ хистæр, æнæ уырдыгыстæг. Æмæ сын «ма кæ» зæгъæг нæй. Стæй æнæуи дæр нал и «ма кæ» зæгъæг. Афтæмæй куыд хъæуы «ма кæ» зæгьæг, куы! Стæрхон сæ афтæ тынг нæ хъæуы нарты, «ма кæ» зæгъæг сæ куыд хъæуы. Стæрхон æмæ балхон Æхсæртæг- гатæм бирæ, фæлæ сæм «ма кæ» зæгъæг нæй уыдонмæ дæр. Æнæуи — æппæлой æмæ хъырындз. Иннæ Нартæ сæ къул- къул куы цæуиккой, афтæ сæ фæнды. Сæ хуымтæ дæр фыц- цаг уыдон райдыдтой хицæн кæнын, Æхсæртæггатæ. Стæй ныххæррæтт кодтой иннæтæ дæр, æмæ хуымтæ гæрæнты бын фесты. Зæрдæ уазал кæны сæ уындæй. Сæхицæн дæр сæ сылыстæг схъуыртт-схъуыртт кæны Борæтæн, ай, дам, гуыттыхъæу у, нæ, дам, дзы куывддон хæдзар и, нæ кувæн- дон. Куывддон хæдзар сæ æрхъуыди, хицæн хæдзар! Цы- дæр низ сыстад адæмыл уæдæмæ. Дыууæйы дзы иумæ нал фæнды цæуын. Хицæнтæй цæуын сæм хуыздæр кæсын бай- дыдта. Цæмæн, уый марадз æмæ базон. Изæрмилтæ зæхмæ сæхи æруагьтой, афтæ фæзынд Хъæрæ- мæдз. Иæ къухы судзгæ цырагь бахаста, æмæ бынтондæр æндæгъуызон фæзынд Фарнæгмæ — стырдæр æмæ æнкъард- дæр. Кæд, йæ гæрзтæ йæ уæлæ кæй уыдысты, уымæн афтæ уыд. Цæугæ та афтæ кодта, цыма йæм цæуын нæ цыд æппындæр, фæлæ, йæ къухы цы цырагъ уыд, уый йæ æнæ цæугæ нæ уагъта. Цырагъ Фарнæгмæ радта, æмæ йæ Фарнæг къулы скъуыды æртъыста. Цырагъ æнкъард сыгъд кодта. Къулы ала йæм йæ сауæй аууон дардта, фæлдæхт ыл уыцы аууон æмæ йæ дзæбæх судзын нæ уагъта. Уæддæр сыгъд цырагъ, уыдон æртæйæ лæууьщысты йæ разы. — Æз цæуын. Сымах ам лæуут. Дæлдæр цæуæн уын нæй. Къуырийы бонмæ уæм бæрæг хабар уыдзæн. Фарнæг ын цырагъ рухсмæ иу сыкъа рауагъта. Йæ фæндагæн ын акуывта. — Хуыздæр бонтæ ныл скæнæд — сымахыл дæр æмæ ма- хыл дæр, — загъта Хъæрæмæдз æмæ сыкъа баныуæзта. Стæй къуымты йæ цæстытæ ахаста. — Фæлæуут-ма, хæцæнгарзæй уæм куы ницы уынын, æмбæхсгæ сæ бакодтат искуы? — Ницы бамбæхстам, — йæхи бамæгуыргъуыз кодта Уæрхтæнæг.
Нарты Фариæг 111 — Уæрхтæнæгмæ лæдзæг ис, æмæ нын уый фаг у ма- хæн, — бахудти Фарнæг. Æмæ ма бафтыдта йæ ныхасмæ: — Нæ рахастам хæцæнгарз. — Æмбарын дын дæ хъуыды. Фæлæ уыл уæд та хъæддаг куыдз амбæлд искуы, — уыцы ныхæстимæ йæ сагьадахъ йе уæхскæй æруагъта. — Стырад дын кæндзæн, фæлæ дын мур дæр нæу. — Стæй цæуыны къахыл ныллæууыд. Куыд æй бамбæрстой, афтæмæй йæм æнхъæлмæ кастæуыд æдде. Мидæмæ сæм барæй нæ бавдыста йæхи, æмæ Фарнæг дуа- рæй нæ рахызти йæ фæдыл. 8 Уырызмæг фæзынди боныцъæхтыл. Уырызмæджы хуы- зæнæи иæм ницуал уыди. Йæ цæстытæ бахаудтой, йæ уадулты стджытæ хъилæй баззадысты. Бæхæй æрхиза, уымæн дæр нал уыд — саргъы гоппыл бафæлдæхт, йæ къах æгъдынцойы аирвæзт. Мæнæ Фарнæг нæ уыд, уæд йæ къах куыд рафтыдтаид, уый нал зыдта. Зæхмæ куы ’рирвæзти, уæд уайтагъд бадынмæ фæци. Уæрхтæнæг дæр йæхи æруагъта йæ фарсмæ нымæты кæрон. — Æгайтма дзæбæх раирвæзтæ! — Бауадз мæ, уымæн дын æз лæджы хуызæн фæуы- дзынæн! — бартхъирæн кодта Уырызмæг æмæ йæ цæстытæ йæ алыварс арахæсс-бахæсс кодта. — Æппын уæм хæрд æмæ нуæзтæй ницы и? Бастадтæн. Фарнæг февнæлдта, физонæг акодта, уыцы бон Хъæ- рæмæдзы фатæй цы сæгуыт амардта, уый фæрсчытæй. Фынг ын авæрдта æмæ æд лалым йæ разы балæууыд. Уæрхтæнæг дæр бабадти фынгмæ. Уырызмæг сыкъа айста, уæлæмæ иу каст фæкодта æмæ йæ ануæзта, стæй æрæвнæлдта фынгмæ. Хордта æмæ-иу дзургæ ницы скодта, афтæмæй-иу æууилгæ-æууилын йе ’нгуылдз бадардта лалыммæ. Æмæ та-иу Фарнæг дæр лалымы къах сыкъайы хуылфмæ фæцарæзта. Йæ фæлурс уадулты сырх стъæлфæнтæ абадт, уæддæр нуæзта æмæ хордта. Æмæ йæм кæсгæйæ баззади Фарнæг. Уырызмæджы хуызæн æм нæ зынд. Уалæ нарты стыр фынгыл уæле чи рабады, йæ ныхас сойыл цæуæгау кæмæн фæкæны, уыцы стыр фынг йæхимæ чи æрæхъусын кæны, Уырызмæг уый у. Æндæр ай цæй Уырызмæг у! Багуыбыр и, хæры ’мæ нуазы. Уæрх- 8 Хуыгаты Ссргсй
112 Хуыгаты Сергей тæнæгмæ дæр нæ бахаты. Æвæццæгæн, фадат — аразæг, уый дзæгъæлы нæ баззади^фыдæлтæй. Æрæджиау фæци хæрд. Йæ къухтæ хæмпаглтæй асæрфта. — Фæлæуу мын дзы афтæ, æмбыдхор, æз дын схос кæндзынæн. — Йæ хъæлæс фæфидар, лæгмæ хъарын бай- дыдта йæ ныхас. Мæликмæ куы бартхъирæн кодта, уæд йæхи уæлгоммæ ауагъта нымæтыл æмæ уайтагъд афынæй. Уæрхтæнæг йæ разы тьæпæн бадг æмæ йæм æдзынæг каст. Фарнæг фынг иста. Афтæмæй сæ æрбаййæфта Арци. Йæ иу уæхскыл йæ фæндаггон хордзен, йе ’ннæ уæхсыл сæгуыты мард. — Фарн ам! — загъта хъæрæй Арци, йæ хæссинæгтæ æрæвæрдта нымæты кæрон. Уæрхтæнæгмæ бацыд, ныг- гуыбыр æм кодта, йе ’фцæгыл атыхст. — Гъомæ, ныр нæ хистæртæ афтæ лæппу кæнын куы райдайой, уæд ма нын нæ фынгты сæр та чи баддзæн! — Лæппу нал и. Лæппу уыди ’мæ ацыди, — йæ цæнгтæ йын йæ бæрзæйыл æртыхта Уæрхтæнæг дæр. — Фæлæ мын ницы у. Æцæгæлон зæххыл кæй нæ амардтæн, уыцы цин мæ мæ къахыл слæууын кодта. Куыддæр Уæрхтæнæг йæ ныхас загъд фæци, афтæ Арци фестад æмæ йæхи Фарнæгыл аздыхта. Хæрдмæ йæ фелвæста ’мæ йæ зæххыл æркъуырдга, нæуæгæй та йæ хъавыд фелвасын- мæ, фæлæ уæд ауыдта Уырызмæджы æмæ йæ нал фелвæста. — Раирвæзти?! — æгæр хъæрæй дзырд ын фæци æмæ ма йæ былтыл йæ арм авæрдта. — Æмæ куыд раирвæзти?! — Мах дæр ын ницы зонæм нырма. Ницы нын загъта. Æвæццæгæн ын Хъæрæмæдз баххуыс кодта. — Сæхи Хъæрæмæдз, гуымирон? — Гъо. Зоныс Хъæрæмæдзы? — Хъæрæмæдзы чи нæ зоны! — Куыд уыд дæ фæндаг? Æгæр æрæгмæ цыдтæ ’мæ дæм зæрдæ ’хсайдта... Хъæрæмæдз цы изæр ацыд, уымæн йæ рагсом бæхтæ абæрæг кодта Фарнæг. Стæй фездæхти — Хъæрæмæдзы сагъадахъ айса, æмæ уæлæ рагъмæ ссæуа æмæ дзы азила уыцы хъæды, чи зоны, дзы истæуыл бамбæла. Уæрхтæнæджы бæлæсты бын баййæфта, хæмпæлтæ æрнадта, мусгонд дзы рауад, нымæттæ дзы æрытыдта. — Уæдæ уыцы ала къултæм кæсын кæй бон у. Уæддæр ам арвы бын у ’мæ...
Нарты Фарнсег 113 — Ам хуыздæр у, фæлæ дзы зæрдæйы фæндон фынæйыл ма схæцай. Ацы æнæркаст хæмпæлты хилæг куы уа, уымæй æдас нæу. Æз уæлæ рагъмæ ссæуон Хъæрæмæдзы сагъа- дахъимæ. Кæд дзы истæуыл бамбæлин, кæннæуæд хъарм хæринаджы хъæстæ нал фестæм. Куыддæр рагъмæ схæццæ, афтæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой æмæ ницуал ауыдта: йæ комкоммæ фаллаг фарс цы рагъ уыд æрхæн, уый сыгъди адæмæн диссагæн хæссинаджы сырх-сырхид артæй. Фарнæг йæ цæстытæ бамбæрзта йæ армæй. Фæлæ афтæмæй дæр уыдта: судзы уыцы сырх арт, гуыпп кæны, æмæ йæм цыдæр тас фæзынди — йæ алыварс куы алæстытæ кæна уыцы сырх-сырхид арт æмæ бæстæ куы ссудза иууылдæр. Къухаууонæй йæм каст æмæ бафиппайдта — рагъæн йæ риу æгасæй уыд рæмыхст æмæ судзгæ уымæн кодта. Фæлæ дзы цы гуыпп кодта, цавæр арт калди уыцы рæмыхст риуæй?! Æмæ йæ æрфæндыд — ссæуа уыцы рагьмæ, уæле йæм ракæса уыцы артмæ, уым æм афтæ не ’рттивдзæн æмæ дзы, кæд цы судзы, уый базонид. Фестад æмæ фæуырдыг кодта. Сагьадахъ ын æгæр стыр уыд, кæм-иу истæуыл схæцыд, кæм-иу ын зæхмæ æрæххæст, уæддæр йæ цыды кой кодта, йæ армæй йæ цæстытæ бамбæрзта, афтæмæй. Бынæй ададжы цыди дон — æнахуыр дон: йæ фаллаг æрдæг уыди сырхбын æмæ афтæ сырхбынæй цыди, цыма хицæн дон уыди, уымæй уæлдай иннæ донимæ нæ хæццæ кодта. Стæй цыма цæугæ дæр уæззаудæр кодта йæ фаллаг æрдæг. Æнæуи ададжы бадти хъыггаг уæлдæф, хъыггаг æмæ бæзджын — афтæ зынд Фарнæгмæ — æмæ дзы уыд зын улæфæн. Ноджы улæфæн- тæ цыдæрхуызон арауæгау кодта. Доны сæрты бахызти Фарнæг æмæ уæлæмæ араст и. Рæмыхстыл цæуæн нæ уыд — ракæсын æй нæ уагъта, æмæ йæ фæрсты пыхсытæ ’мæ хæмпæлты лæгæрста. Æрæджиау схæццæ и йæ сæрмæ лæбырдæн. Уырдыгæй кæсæн уыд — цæстытæ афтæ нæ къахта уыцы æрттывд. Æмæ рахатыдта — бынæй дзы цыдæр тæнгъæд хъарыд рæмыхстæй, йæ уæл- цъарыл цæстгæндтæй бадт, судзгæ дæр уыдон кодтой раг- сомы хурмæ,уыцы цæстгæндтæ. Æмæ уым лæбырды сæр лæууыди, дæлæмæ касти судзгæ хуссармæ, афтæмæй йæ зæрдыл æрбалæууыди: гыццыл ма куы уыди, уæд æй иухатт Хæмыц йемæ акодт Лæхъыкоммæ. Уым иу ран зæххы риу гомæй лæууыд æмæ уымæй дæр ахæм тæф цыди, мæнæ
114 Хуыгаты Сергей ацы лæбырдæй цы тæф цæуы, ахæм хъыггаг тæф æмæ уæз- зау. Хæмыц ныххызти уыцы уæрмгондмæ, бирæ дзы фæцар- хайдта, стæй дзы иу хъæбысы дзаг дур сæппæрста. Сæхимæ йæ æрхаста. Цалдæр боны йыл фендзæрста, стæй арты хуылфæй армы тьæпъæны йас æфсæйнаджы гæппæл рап- пæрста æхсидавы кæронæй. Уæд фыццаг хатт федта, нартæ æфсæйнаг куыд амал кодтой, уый, кæцæй йæ амал кодтой, уый дæр. Уым гыццыл уыди æфсæйнаг Лæхъыкомы, кæнæ та арф уыди. Хъоргъгæндтæ дæр æм уымæн къахтой. Фæлæ ам бирæ ис, иугæр афтæ гуыпп кæны, уæд, стæй ам уæлбарыг у. Уыцы рæстæджы йæ хъусты агæпп кодта тарст бæхы мыр- мыр. Фестьæлфыд Фарнæг æмæ йæ цæстытæ ацахстой: бæх йæ фæстаг къæхтыл алæууыд, йæ рагъы барцыл ахауа, уымæ йæ бирæ нал хъуыд. Уый фæстæ йæхи фехста æмæ, йæ даргъ æгъдæнцæйттæ фæйнæрдæм схъиудтытæ код- той, афтæмæй дон-дон зилгæ дымгæйау атахти дæлæмæ. Фарнæг лæугæйæ баззад. Уыцы мыр-мыр комы дыу- уæрдæм нæргæ ацыд. Æмæ йын ком къуырма кодта йæ нæрдæй. Афтæмæй ауыдта Фарнæг: бынæй, доныбыл, йæ сынæг дон- мæ цы урс дур бахаста, ууыл размæ хаудæй лæууыди лæг, йæ дыууæ уæны астæу хæрдмæ хъилæй баззади фат. Фар- нæг йæхи дæлæмæ ауагъта. Сагъадахъ ын йæ бацæвиттæ хоста, къуыппытыл схъиудта, дзыхъыты хауди, уæддæр лыгьди, уæддæр тагъд кодта. Куыддæр ныххæццæ, афтæ йæ фат сласта лæгæн, уæлгоммæ йæ æрзылдта. Æмæ йыл бæстæ ныггуыр-гуыр ласта Фарнæгыл — лæг кæд нæ разынд, басылыхъ чи хаста, уыцы дыууæ азыронæй иу, фæсте чи цыди, уый. Йæ цæстытæ сæ фалгæттæй рабыры- дысты, дзагъырæй баззадысты йæ цæстытæ, афтæмæй ком- коммæ сæхи сарæзтой Фарнæгмæ. Фарнæг сæм иу каст фæ- кодта цæстытæм, иунæг каст, стæй йæм, цыма исчи æрба- дзырдта, уыйау фæзылд æмæ йын ауыдта йе ’мбалы дæр — уæлгоммæ хуыссыд йе ’мбалæй гыццыл рæбындæр цы бæ- лас уыди, уый бын. Йæ къухы бандзыг и, йæ кæроныл ба- сылыхъ кæмæн хаста, уыцы хъил, афтæмæй быцæу æвæр- ды хуызæн зынди, лæгæн йæ нывæрзæны цы стыр бæлас уыд, уый ставд зæнгмæ. Басылыхъ ауыгъдау баззад æмæ змæлыд, сæнт змæлд кодта, æвæццæгæн, комæй цы уадымс улæфыд, уый йыл æмбæдди. Æнæуи та афтæ зынд — йæхæдæг змæлы басылыхъ, уд дзы и æмæ йæ тыбыртæ цæгъды.
Нарты Фарнæг 115 Æмæ йæ бирæ цæгъдын нал бахъæудзæн йæ тыбыртæ, рæх- джы бынтондæр ныссабыр уыдзæни. Фарнæг фестад — кæд ма удыгас у лæг! Фæлæ, куыддæр фестад, афтæ йыл чидæр йæхи ныццавта фæстæрдыгæй æмæ йæ йæ быны афсæрста. Раст уыцы цæстыфæныкъуылд сæ сæрты æхситгæнгæ ратахт фат æмæ, басылыхъ цы^бæласы бын тæлфыд, уыцы бæласы зæнджы ныссагъд. Йæ зыр- зырæй нал æмæ нал æнцади фат. Хъуыста Фарнæг уыцы зыр-зыр æмæ æмбæрста — уымæ тахти фат, цыдæриддæр уыди, уæддæр. Æмæ йæ чидæр фервæзын кодта. Иу æй мардта, иу æй бахызта. Дыууæйæ лæууынц кæрæдзийы комкоммæ ацы æдзæрæг комы — марæг æмæ ирвæзынгæ- нæг. Уый амардтаид уыцы дыууæ мæгуыр азыроны. Уымæ дæр уый рауагътаид уыцы æхситгæнгæ фат, Фарнæгмæ. Æмæ йæ нæ фæивгъуыдтаид. Уыдонæй куы никæй фæивгъуыдта азыронтæй, уæд уый куыд фæивгъуыдтаид! Уæдмæ базмæлыд, йæ быны йæ чи акодта, уый, йæ цæнгтæ йын æрбатыхта йæ фæсонтыл æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Цы хæйрæджытæ дæ æрхастой Æфсæнгоммæ, уо ме ’фсымæры къуындзих! — Арци! — йæ хъæр фæцыд Фарнæгæн. Ныззылди æмæ гыццыл фæиртæсти лæджы бынæй. — Кæцæй фæдæ?! — Ды кæцæй фæдæ, ды? Уыцы судзгæ фаты дзыхмæ куы ныллæууыдтæ, цыма дæ фат нæ хизы, уый хуызæн. — Арци уæлгоммæ ’рзылди, йе ’рмтгæ йæ сæрыл æрбатыхта. — Уо стыр Хуыцау, уый бæрц хорзæй мæ цы бадардтай дæ зæрдыл! Уæдæ æз уалæ Цъогъы коммæ рараст дæн нæхи- цæй, уый мыл схæцыд æмæ мæ ам æрбамидæг кодта, Æф- сæнгомы! Æмæ ныр, куы нæ æрбахæццæ уыдаин, афтæ- мæй дыл куы рауагътаид уыцы судзгæ фат, уæд ма куыд хурмæ цыдаин?! — Арци гыццыл фæлæууыд йæ ныха- сæй, стæй йæ цæнгтæ фæхъил кодта. — Мæнæ цы диссæг- тæ ис ацы дунейы, æмæ сын мæнæ куыд ницы зонæм, мæнæ! Куыддæр бæласы фæсте радардта йæхи æмæ дæм ныцца- рæзта фат, афтæ йыл уыцы сонт æндæгъд акодтой мæ цæсты- тæ. Уый ныхъхъавыд, ныхъхъавыд, æрдынбос аивæзта, аивæзта, афтæ та дæу ацахстой мæ цæстытæ, — æмæ та йæ даргъ цæнгтæ æрбатыхта Фарнæгыл Арци æмæ та йæ æр- балхъывта йæ риуы гуыдырмæ. — Кæцы бæласы фæсте ракаст? — йæ уæрджытыл ра-
116 Хуыгаты Сергей цæйбадт Фарнæг. Фæлæ йæ Арци фæстæмæ йæ уæнтыл фæфæлдæхта. — Кæдæм рахъил дæ! Иннæ фат куы рауадза,уымæй нæ тæрсыс? — Афонмæ лидзынмæ фæци. — Ахæм лæджы каст нæ кодта, ма тæрс! Гъа-гъа-гъа, цы цæстытæ йын уыди, цы! Сыгъдысты æмæ сæ пиллон калди йæ цæстытæй. Фарнæг комкоммæ бакаст Арцимæ. — Уырдыгæй ардæм уанцон цæстыты пиллон зынд нæу дæуæн дæр! — Цæст дардмæ зыны, уый дæ рох ма уæд. Уынгæ куыд дард кæны, зынгæ дæр — афтæ. Уæддæр цы æнахуыр дис- сæгтæ æмбæхст и а дунейы! Ацы коммæ æрцæуон, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Æз уалæ Цъогьы коммæ цы- дæй рацыдтæн нæхицæй, — нæуæгæй та загъта Арци. — Уæд мæ цавæр уæларвон тых æрхаста ардæм, табу йын уа! — Стæй сонт здæхт фæкодта Фарнæгмæ. — Ды цы ми кæныс, ды, ам? Æмæ йын уым бæласы бын уæлгоммæ хуыссыдысты, афтæмæй цыбырæй ракодта, Уырызмæг гуымирон мæлич- чы ахæсты куыд бахауд æмæ уый фæдыл куыд рацыдысты Уæрхтæнæгимæ, уыцы хабæртгæ. Сæ сæрмæ бæласы зæнджы сагъдæй лæууыди фат, йæ базыртæ фæстæмæ ныттынг сты. Чысыл дарддæр та бæласы зæнгмæ хъилæй баззад, азырон йæ сæрмæ бирæ кæй фæхаста, уыцы хъил, æмæ йыл басылыхъы хъустæ тæлфыдысты. — Нал сæ хъуыды кæныс, Арци, уартæ айгуырты арæ- ныл нæ размæ куы рацыдысты уыцы басылыхъимæ. — Уыдон сты?! — йæ хъæр фæцыд Арцийæн. — Уыдон. Нырма дæр уартæ и уыцы басылыхъы хæр- рæгъ. Йæ цæрддзуйæ фервæзти, йæ тыбыртæ цæгъдынæй нæма æрæнцад. Арци йæ фарсыл æрзылд æмæ басылыхъмæ касти. — Мæ зæрдыл-иу арæх æрбалæууыд — фæцæуынц се ’нкъард бæхтыл уыцы дыууæ æнкъард лæджы, сæ сæрты цуанон хъæрццыгъайау тæхы уыцы басылыхъы быдыргъ. Хъуыды та куыд æркодтой, басылыхъ афтæ хæссой, уый?! Мæ зæрдæ-иу мын амардта уыцы ныв. Ахæм ма зæрдæха- лæн ныв æрхъуыды кæндзæн лæг!
Нарты Фарнæг 117 Стæй сыстадысты, дуры уæлæ чи уыд, уый дæр бахастой бæласы бынмæ. Уым æй йе ’мбалы фарсмæ æрæвæрдтой. — Ардæм куыд æрхаудысты, ацы дзæгъæл коммæ? — бадзырдта Арцимæ Фарнæг. — Æвæццæгæн сæхимæ цыдысты. Ацы комæй куы ахи- зай, уæд Азыргом райдайы. Ауылты хæстæг у фæндаг. Сæхи бацæттæ кодтаиккой, фæндаггæгтæ-йедтæ рахастаик- кой æмæ та рацыдаиккой. Рахастаиккой та басылыхъ дæр. — Цас æй фæагуырдтой уыцы басылыхъы хицауы æмæ йæ куыд нæ ссардтой, се знаджы агуырдтой æмæ сæ адзал ссардтой. Уый дын раст лæг æмæ зылын лæджы фæндæгтæ. Сæ мæлæтæй нæ тарстысты — уый куы нæ ссарой, сæ туджджыны, уымæй тарстысты. Дæ зæрдыл нал лæууы, уæд мæнæ басылыхъ чи хаста, уый куыд загъта айгуырты арæныл? Додой, дам, мын дæ къона кæны, кæнæ, дам, дын дæ туг каддзынæн, кæнæ, дам, дын мæ туг калын кæн- дзынæн. Кæрæдзийы фæрсты ахизæм, уыцы амал, дам, нын нал ис. Уæлдай йын нæ уыд — йæ туг ныккæлдзæн, æви йæ- хæдæг ныккалдзæни искæй туг. Туг чи ныккала, уый ноджы мæгуырдæр у, тæригъæдджындæр æмæ æнамонддæр. — Уый афгæ у, — æнкъардæй загъта Арци. — Фæлæ цæ- уын хъæуы, азыртæм. Фæхæссын сæм хъæуы хабар. Фарнæг æм исдуг ницы сдзырдта. Æрæджиау схæцыди йæ сæрыл. — Кæд фæхæццæ уыдзæни фистæг лæг Азыртæм! — Сæхи бæхтæй сын иуыл абаддзынæн. — Æмæ цалынмæ фæдис цæуа, уæдмæ адон цы уыдзысты ацы талынг комы, кæд Уæрхтæнæгæн бамбарын кæнон хъуыддаг æмæ сæм фæстæмæ раздæхон. — Уыдонмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Бæх сæ уæлхъус лæудзæн, бындз абадын дæр сыл нæ бауадздзæн. Дæлæ ссæуынц сæ бæхтæ. Æмæ æцæг, донбылты уæлæмæ кæрæдзийы фæдыл сцæйцыдысты дыууæ бæхы. Сæ цурмæ куы схæццæ сты, уæд Арци бавнæлдта раззаг бæхы барцмæ. Бæхæн цыма æхсызгон уыди, уыйау бамыр-мыр кодта. Арци абадти бæхыл æмæ ма уæлбæхæй æрдзырдта — Азыртæй куы æрыздæха, уæд сæ абæрæг кæндзæн, бауайдзæни сæм Бæргъуаны галуанмæ. Уый фæстæ уæлæмæ фæцагайдта донбылты. Уайтагъд комы рæбынæй федде ис йæ бæхы
118 Хуыгаты Сергей къæхты хъæр. Фарнæг ма уæддæр лæууыд æмæ хъуыста . Стæй азылд æмæ та йæ цæстытæ андæгъдысты фатыл — уыцы раст сагъдæй лæууыди бæласы зæнджы, цыма æвди- сæн уыди, ам цы фыдбылыз æрцыди уымæн. Æмæ ма дзы цы фыдбылыз æрцæйцыди, уымæн дæр. Рагъмæ куы схæццæ, уæд æрлæууыд æмæ фæстæмæ акаст. Лæбырд афтæ тынг нал сыгъд. Ранæй-рæтты йæ зæхх дæр сзынди — фидар, хъæбæр зæхх, æфсæйнаг зæхх. Искуы йæ æнусты фæстæ къахдзысты. Æмæ дзы, ныры адæмæн сæ фæсонæрхæджы дæр цы нæй, ахæм диссæгтæ араздзысты: зæххыл скъæрæнтæ, фурды ленкгæнæнтæ, арвыл тæхæнтæ. Ныры адæмы дзы æрттигъ æмæ карды фаг хъæуы æмæ дзы амал кæнынц. Æмæ æмызмæлд кæн- дзысты адæм ацы кæмтты, алымыггаг, алыгъæд адæм, иумæ араздзысты уыцы диссæгтæ. Уæд стæрты нал цæудзысты фæфос кæныны охыл. Æмæ абон царды хабæрттæ тау- рæгътæ ’мæ аргъæуттау кæндзысты хистæртæ кæстæртæн. Фæлæ дард у нырма уыцы дуг, тынг дард. Бирæ фаты ’хситт фæцæудзæн нырма ацы кæмттæ ’мæ ацы рæгътыл. Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ цæстытæ æрхæцыдысты азыронты бæхыл — æдзæм лæудæй лæууыди дыууæ æдзæм барæджы уæлхъус. Æмæ йын æхсызгон уыди Фарнæгæн, афтæ кæй лæууыди бæх, уый. Сагъадахъмæ нывнæлдта, фат æмæ дзы æрдын систа æмæ рагь-рагъ уæлæмæ ацыди... Ныр ын, Уырызмæджы дæлфæдтæм нымæтты кæроныл бадт, афтæмæй кодта йæ хабæрттæ Арци. Фæстæмæ дæр та аздæхти семæ — куыд сæ ныууагътаид уыцы судзаггаг мæрдти- мæ уыцы комы æмæ æндæрæрдæм куыд ацыдаид! Æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыди уый Азыртæн. Хæрнæг куы рай- хæлд, уæд æм лæппуйы мад æмæ хотæ бацыдысты — иу ацæргæ лæг сæ бакодта, сæ хæстæг чи уыдаид, ахæм. Мад Арцийы раз йæ зонгуытыл æрлæууыд. Арци йыл схæцыд, слæууын æй кодта æмæ йын кæугæ-кæуын дзырдта мад: — Мæ хъæбул йæ сыджытыхай дæ ’руаджы ссардта æндæра мын уыцы арф комы сырдтыхай бауыдаид, сау бон^мыл ныккæна! Йæ хотæ — дыууæ хойы йын ис лæппуйæн — мады фацсмæ лæууыдысты сæркъулæй. Сæ уæлæ стыр сау кæл- мæрзæнтæ, уæддæр бæрæг уыди — сæ дзыккутæ сæ рæ- бынтыл лыг уыдысты. Даргъ дзыккутæ сын уыдаид.
Нарты Фарнæг 119 Дзьжкуты коймæ йæм Фарнæг йе ’нкъард цæстытæй бакаст. — Уый та цæмæй базыдтай — даргъ дзыккутæ сын уыдаид? — Сæ сæрты къул дардæй бæрæг уыд. Дзыккуджын сæр æндæргъуызон фæдары йæхи. Арцийы ныхас æрлæмæгъ, цыма цырагъ уыди йæ ны- хас æмæ хуысгæ æрцæйкодта. Фарнæг бамбæрста — хуыс- сæг ыл стых æмæ йæм бадзырдта: — Дæхи уал æруадз ды дæр. Æз уæ сыстынмæ сæгуыты кой бакæндзынæн. Арцийы цæстытæ æрцъынд сты, уæддæр ма йæ былтæ базмæлыдысты, цыма цæстыты сусæгæй змæлыдысты. — Сæ иуæн йæ хотæй йæ иу æрфыг фæзынди уыцы сау кæлмæрзæны бынæй... сау æрфыг... къæдз æрфыг... Æмæ ныссабыр сты былтæ дæр. Куыддæр физонджытæ райста цæхæрæй Фарнæг æмæ сæ сæ сойы стъæлфæнтæ кæлгæ фæцæйхаста лæгтæм, афтæ йæ хъустыл æрцыди бæхы къæхты хъæр. Æмæ лæу- гæйæ аззади Фарнæг æд уæхстытæ — чи уа?! Гыццыл фæстæдæр галуаны фисынæй базынди Сослан. Фарнæджы куы ауыдта, уæд цæхгæр фæурæдта йæ бæхы. — Ды та ам цы ми кæныс?! — Иууылдæр ам стæм. — Куыд иууылдæр? — бæхæй æргæпп кодта Сослан. Фарнæг æй куыд бамбæрста, афтæмæй йæ гаччы нæ уыд Сослан — цæуылдæр мæсты уыди. — Уæрхтæнæг дæр, Уырызмæг дæр, стæй Арци дæр. — Уый та чи у — Арци? — Нал æй хъуыды кæныс — Уæрхтæнæджы куы ссардгон... — Гъæ! — иу хъæр фæкодта Сослан, æмæ Фарнæджы ныхас фескъуыд. — Æмæ уæм гъæйтт фæчынди?! — Гъæйтт дæр дзы уыди. Дæ бæхы афтæ уадз, æз æм фæкæсдзынæн. Уæрхтæнæг æмæ Уырызмæг сабыр ныхас кодтой. Сос- ланы куы федтой,уæд æрлæууыд сæ ныхас, цыма уæрдон уыди æмæ йæ кæй онг ластой, уырдæм бахæццæ сты. — Фарн уæ бадты! — загъта хъæрæй Сослан. — Фæрнæйдзаг у, мæ хур! — уæлæмæ йæм скаст Уæрх- тæнæг, йæ худыл фæстæмæ ахæцыд. — Кæцæй фæдæ, хъæуы дæр куы нæ уыдтæ 7 хабар куы ’рцыди, уæд?
120 Хуыгаты Сергей — Цæй хабары кой кæныс, Уæрхтæнæг? Уырызмæг уæдмæ бустæгæнæджы бадт кодта, ныр аз- дæхт уый дæр Сосланы ’рдæм. — Æз кæм уыдтæн, уый нæ зоныс? — Балцы уыдтæ, — уый фехъуыстон. — Æндæр ницы фехъуыстай? — Ницы фехъуыстон, цы хъуамæ фехъуыстаин! — Ды кæм уыдтæ ныр? — бафарста та Уырызмæг. Сослан раст лæууыддæрхоны раз куыд фæлæууынц, афтæ. Исдуг дзурын не сфæрæзта Уырызмæджы фæстаг фарстмæ, стæй йæ йехсы хъæдæй дард кæдæмдæр ацамыдта. — Дæлæ мæм мæ кæнгæ мад æмæ фыд æрæрвыстой — сæ рæгъау сын фæтардæуыд æмæ уым уыдтæн. — Æмæ? — Æмæ — ницы. — Куыд ницы, ома? — Фæд фесæфти. Фыдкъæвдатæ æрцыд, зæхх ныххос- той, фæд бæрæг ыл нал уыд. Æмæ фæдис фæд куы нæ иса, уæд куырм лæгæй уæлдай нæу. Уæдмæ Фарнæг нымæтыл хæлын айтыгъта, кæрдзынтæ æмæ йыл физонджытæ æрæвæрдта, стæй бæласы рæбын лалым æмæ сыкъатæ æрæвнæлдта, афтæмæй ауыдта Арцийы цæстытæ — цыма сæ къуырфыты æмбæхсгæ бакодтой, уыцы стыр цæстытæ, уыйау нындзыг сты, æмæ комкоммæ кас- тысты Сосланмæ. Сыкъа æмæ лалым йæ къухты баз- задысты, афтæ гуыбырæй лæууыд æмæ касти Арцимæ. — Фынæй бадæ, Фарнæг?! — йæ йехс йæ месы хъусы æртъыста Сослан æмæ Уырызмæджы дæллаг фарс æрбадт. Æмæ йæм Уæрхтæнæг уырдæм адзырдта Сосланмæ: — Ай ахст уыди, ахст, адоны мæличчы ахсты фæци, а гуымирты мæличчы ахсты, уæдæ! Сослан фынгмæ цыдæр рохзæрдæ каст кодта, æрæджиау аздæхт Уæрхтæнæгмæ. — Кæй ахсты, зæгъыс? — Мæличчы, мæличчы, адоны мæличчы. — Чи бахауди, зæгъыс? — Мæнæ, мæнæ, Уырызмæг. — Чи загъта? Уырызмæг ыл йæхи акъуырдта. — Гъеныр ацу æмæ уый фæрстытæм хъус! — стæй йæм
Нарты Фарпæг 121 фæстæмæ ныззылди — æз, æз, гукк! Æрцахста мæ мæ- ликк æмæ мæ фосгæс скодта æмæ уынгтæмæрзæг ноджы! Гъеныр æй бамбæрстай?! Мæнæ Хъæрæмæдз нæ уыди... — Хъæрæмæдз та чи у? Æмæ та ныхас йæхимæ айста Уæрхтæнæг. — Уый дæр гуымирон у. Мæнæ Фарнæгæн зонгæ разынд æмæ нæ уый æрцардта. Уас æй Хуыцау саразæд. Лæг кæм федтай, ахæм лæг. Уæдæ! — Гуымиртæй дæр ахæм лæг рацæуа! — Нæ сæ рацæудзæн гуымиртæй, уæдæ! — хъæрæй загьта Уырызмæг: Сосланы фыдæнæн дзырдта афтæ хъæрæй. — Кæй уарзын, уыдонмæ дæр куы уаид ахæм лæгтæ. Райсомæй ма иннæтæ фынæй уыдысты, афтæ Фарнæг æмæ Арци бæхтæ бæрæггæнæг ацыдысты. Фыццаг бам- бæлдысты Уырызмæджы бæхыл — ныллæг, хытъынджын бæх, уæрдоны бæхы хуызæн. Дымсур уым баззад, мæличчы бæхдоны. Æхгæд дуæрттæ йыл дардта мæликк. Уый йын Хъæрæмæдз радта уыцы бæх. Уымæй чысыл æддæдæр хызти Арцийы бæх, бæрзонд бæх, æлвæстартæн цъæх бæх. — Бобос! — бацыд æм Арци, йæ барцы йын йæ къух атьыста, йæ риуы гуыдыр ын æрлæгьз кодта. — Дзæбæх дæ? Бæх йæ хизын фæуагъта, йæ сæрыл схæцыд, йæ сæр батылдта. — Уæдæ хорз, — загъта Арци. — Кæй бæх дын у? — бæхмæ хæстæг балæууыди Фарнæг. — Мæхи. Адæмы бæхтæй сбæхджын дæн. Мæ фæдыл мын æй фæластой суанг комы дымæгмæ. Нæ йæ куымдтон — бæхмæ уæм не ’рцыдтæн, æмæ мæ ныууадзут. Æмæ, дам, йæ ном Бобос хуыйны æмæ, дам, æй ма ферох кæн, кæннæуæд, дам, дæ ком- мæ нæ кæсдзæн. Æз сын иу дзырдтон, уыдон — иннæ. Хорз бæх у, тынг хорз бæх. Зыгьары хуызæн нæу бæгуыдæр. Æмæ Зыгьа- ры хуызæн бæх дунейыл дæр нæй. Уымæн цы сиргæ къахайст и, ахæм никæмæн и æндæр. Йæ хъусгæ та, цыма зарæгмæ фæхъу- сы, хъуамæ уый базмæл-базмæл кæной. Бæх нæ, фæлæ — уд! Æмæ Фарнæджы зæрдыл æрбалæууыд уыцы бон. Уæд сæхимæ цыди Арци, Уæн æмæ Уæрхтæнæджы куы æрхæццæ кодтой, уымæн йæ дыккаг бон. Йæ фæдыл куы рамбырд сты, уæд уæзæджы сæр хистæртæй кæйдæрты раййæфтой, Хуро дæр уым. Лæгтæй гыццыл æддæдæр та Зыгъар лæууыд уыцы дзæбæх ифтыгъдæй. Тыхылæн-иу
122 Хуыгаты Сергей йæхицæн куыд ифтыгьд уыд, афтæ — йæ мæргьгæ æмæ йе ’хтæшты æвзист æргъæвджытæ тæмæнтæ калдтой йæ сатæгсау сынты базыры хуызæн хъуыныл. Иу къаннæг лæппу йын йæ идоныл хæцыд. Æмæ дисыл бафтыди Фарнæг — цæмæн уа Зыгъар ам?! Тыхыл æмæ Гуарæйы хъодыйы карз азар куы басыгъта, уæдæй фæстæмæ æдде никуыуал уыди Зыгъар. Лæппутæ хистæрты комкоммæ куы æрлæууыдысты, уæд Хуро бацыд бæхы цурмæ, йæ боцъомæ сывнæлдта йæ дыууæ къухæй æмæ адзырдта лæппуты ’рдæм. — Уæ мæ хур Арци, хæстæгдæр ма æрбалæуу. Арци хъуыддаг бамбæрста. Йæ сæр йæ риуыл æруагъта, афтæмæй бараст и Хуромæ. Цæугæ-цæуын ауыдта бæхы зыгъар, ных цы амыдта, уыйас æрдаргъ и ныхы уæлæ, куыд дæлæмæ цыргъ æрхаста, уыцы тæмæнкалгæ сауыл нывау фидыдта уыцы урс-урсид зыгъар. Æмæ йæ ’рфæн- дыди Арцийы комкоммæ куы бакæсид бæхы зыгъармæ. Фæлæ йæ сæрыл схæца, уый йæ бон нæ уыд. —Лæппу æмæ бæхæй хæдзар уыдтæн, — райхъуыст Хуройы ризгæ хъæлас. —^Лæппу фесæфти, æмæ бæх дæр арвы рухс нал федта. — Йæ тæнæг фæлурс былтæ базмæлыдысты æнахуыр æнæуд змæлдæй, дзурынмæ нал сарæхстысты, æмæ гьщцыл æдзæмæй алæууыд Хуро, стæй арф ныуулæфыд, æмæ та райхъуыст йæ хъæлæс: — Бæхдонмæ-иу бацыдтæн, лæп- пуйы хабæрттæ-иу ын кодтон. Уый-иу йæ хæрын ныууагъта, æмæ-иу йæ цæссыг ставд фæрдгуытæй згьæлди. Ох-ох, мах цы бонтæ бавзæрстам, уый нæ дыууæ уды зонынц æрмæст. Уым аздæхти Арцимæ. — Ды нæ хæрзгæнæг дæ. Нæ кæстæримæ æфсымæртæ загътат кæрæдзийæ — аккаг æфсымæртæ куыд уат, уый Хуыцауы бафæндæд. Махмæ цы фæтк баззади, фыдæлтæй, уымæ гæсгæ æфсымæрæн лæвар фæкæнынц. Адæм сæ сæртæ æруагътой, афтæмæй кастысты Хуро- мæ — уый куыд уыдзæн æмæ Хуро Тыхылы бæх рауæлдай кæна! Тыхыл-иу дугъты цæргæсау разæй цы Зыгъарыл æрбацæйтахти! Хуро йæ цæнгтæ систа, бæхы сæр æрбахъæбыс кодта. — Дæ нæуæг хицауы уарз, дæ низтæ, йæ ехсы æвзыс- тæй йæ æмбар, йæ ехсы къæрцц ын макуы æруадз дæ уæлæ. Арци йæ сæрыл схæцыд æмæ та йæ фæстæмæ æруагъта. — Ныббар мын, Хуро, дæ зæрдæйы хъæдгом дын агайын.
Нарты Фарнæг 123 Ды загътай, лæппу æмæ бæхæй хæдзар уыдтæ. Ныр æз дæр æфсымæр æмæ бæхæй хæдзар уыдзынæн. Æмæ сæ нарты уæзæгыл ссардтон — æфсымæры дæр æмæ бæхы дæр. Æз Нартьь-бæсты цы рæвдыд бавзæрстон, уый мын, цалынмæ цæрон, уæдмæйы фаг у. Иунæг мад мын и. Уый мыл куы никуал бацин кæна, уæддæр æз æфсæст дæн сымах цинæй... Æнкъард бон уыди уыцы бон, тынг æнкъард бон. Уæд- дæр дзы фæхицæн уа, уый йæ нæ фæндыд. Æмæ дзы хицæн дæр нæма фæуыдаид, æвæццæгæн, Арци йæ разы куынæ æрбалæууыдаид, уæд. — Æмæ йын кæм цæрынц йæ кæнгæ мад æмæ фыд Сосланæн? — бафарста Фарнæджы æмæ йæм кæсгæйæ баззади Фарнæг: Цæмæн æй бахъуыдысты Сосланы кæнгæ мад æмæ фыд? — Дæлæ Тæлæгты быдыры кæмдæр. Цы кæны? — Ницы, æнæуи дæ фæрсын. Фæлæ йæ æнæуи нæ бафарста, уый бамбæрста Фарнæг. — Цыдæр мæ æмбæхсыс æмæ дыл нæ фидауы. Арци йæм ницы сдзырдта, раст лæууыд æмæ комкоммæ каст Сосланы бæхмæ. Æмæ ныддыз-дыз кодтой йæ уæнгтæ Фарнæгæн: уый ма уыдаид, Сослан уæд Æфсæнкомы! Уый цæстыты кой ма кодтаид уый фæстæ, сæ пиллон, дам, калди. Уый къухæй ма рафтой уыцы мæгуыр азырон лæппутæ?! Æмæ уæд уыцы мæгуыр чызджы дæр... чындзыл дæр уæд... Стæй бæласы фæсте куы рахызт, фат куы ныццарæзта, æрдынбос куы аивæзта... Ныр дæр ма уыцы фат уым куы лæууы бæласы зæнджы сагъдæй... Уæдæ йæм дысон дæр уымæн афтæ касти, уымæн. Фарнæг куыд лæууыд, афтæ йæ бынаты дзуццæджы æрбадт, йæ тъæпæн æрмттæ йæ къæмисæнтæм схаста, балхъывта йæ къæмисæнтæ. Арци йæ уæлхъус лæууыди. Æрæджиау куы баздæхтысты лæгтæм, уæд сæ бадгæ баййæфтой. Æнгом нæ уыд сæ бадт — сæ дысоны зулдзых семæ баззад. Уæрхтæнæг, цыма уыдон кæд æрбаздæхдзысты, Фарнæг æмæ Арци, уымæ каст, уыйау бадзырдта Уырыз- мæгмæ: — Ныр дæ дысон дæ фæллады тыххæй нæ бафарстон — куыд раирвæзтæ?
124 Хуыгагпы Сергей — Куыд раирвæзтæн! — хъæрæй загъта Уырызмæг ис- кæй фæзмæгау. — Мæнæн ма ирвæзæнтæ мæ бон уыди, цæуын куы нал фæрæзтон. Уымæй тарстæн, искуы куы ’рхауон æмæ мæ йæ егартæ куы ныскъуыдтæ кæной. Цы сын мæ бон уыд — иуæй афтид къух, иннæмæй магъз нал уыд уæнгты. Хъæрæмæдз мæ фервæзын кодта. Асайдта сæ йæ фæдыл, цыма сæ цуаны кодта, афтæ. Ууыл ахуыр сты ’мæ. Мæнæн йæ бæх ныууагъта. Фæлæ ма бæхыл сбады- нæн уыдтæн! Цас фæфыдæбон кодтон! — Хуыцау æй саразæд, сыгъдæг Хуыцау. Æмæ ныр цы фæкæндзæни егарты? — Искуы сæ хъæды арфмæ басайдзæн æмæ сæ ным- мардзæн. Фæйнæ фаты йеддæмæ ма сын хъæуы! — Æмæ йæ нæ базондзæн мæликк? — Уымæн йæ фæстаг бон у абон. Тæккæ ахсæв æй ныргæвддзыстæм, стæй мæ Дымсурыл сбаддзынæн æмæ — гъæйда мæ хъуыддæгты фæдыл. — Æмæ уæдæ махимæ нæ ацæудзынæ Нартæм? — ба- фарста йæ Фарнæг. — Кæм ацæудзынæн, кæ, сымахимæ! Мæ хъуыддæгтæ мæм алы рæтты дзыназынц, æз та сымахимæ фæраст уон афтид армæй! Нартæй чынтæм мæ худинаджы хъæр куыд айхъуыса. — Æз дæр нæма цæуын нæхимæ, — цыдæр батагъд кодта йæ нахасыл Сослан. — Айгуынтæм мæ хъæуы дале. Фарнæг æм тигьмæ бакасти æргомæй. — Цæмæ дæ хъæуы айгуынтæм? — Хъуыддаг мæ дзы и. — Цы хъуыддаг? — Уым кæмæдæр бæхтæ уæййаг хонынц. Кæд мын мæнæ Арци дæр феххуыс кæнид æмæ мæ къухы бафтиккой. — Æмæ Арци сæхимæ куы нæ цæуы. — Уæдæ кæдæм цæуы? — Нартæм цæуы Арци. — Гъомæ ацæуæд. Æз мæхæдæг дæр ацæудзынæн. Сæ бæхтæм куы рараст сты, уæд Сослан Уырызмæгимæ цæуæг фæкодта йæхи. — Цом, уæдæ æз дæр демæ. Уыцы куыдзæй нæ маст райсæм. — Æмæ бæхтæ куы ’лхæдтай?
Нарты Фариæг 125 — Бæхтæ уал фæлæудзысты. Уырызмæг æмæ Сослан куы фæхицæн сты, уæд Фарнæг хæстæг баскъæрдта йæ бæх Арцимæ. — Дысон цыдæр æрфыджы койæ нал æнцадтæ. Фæцæй фынæй кодтай, уæддæр ма йæ дæ былалгъыл дардтай. — Ды куы федтаис уыцы æрфыг, уæд ма фынæйæ дæр кодтаис йæ кой. Хуыцау хорз, æмæ йæ уæддæр æнæхъæ- нæй нæ федтон. Йæ кæрон ын федтон. Æмæ мæ зæрдæйы ныссагъд æхсырфы къæдзау. Фарнæг, ме ’фсымæр, дзырд мын радт, куыд сæ искуы бабæрæг кæндзыстæм уыцы мады ’мæ уыцы дыууæ хойы. — Дзырд дын дæттын, — загъта, гыццыл куы ахъуыды кодта, уæд Фарнæг. 10 «Фарнæг, уæ Фарнæг!» — хъæр кодта Уæн, фæлæ йæм Фарнæг йæ хъус нæ дардта. Æмæ дис кодта Уæн, цæмæннæ йæ бафæрсы, цы кæны, уымæй! Куы йæ бафæрсид, уæд ын æй аппæлид: æрхъуыды йæ кодта! Урс-урсид уыди йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ — урс къаба, даргъ къаба, урс дзыккутæ, уыдон дæр — даргъ. Фæлæ йæ нæ фæрсы Фарнæг, æмæ тыхсы Уæн. Нæуæ- гæй та йæм дзуры: «Фарнæг, уæ Фарнæг!» — æмæ ма йæм куыддæр бадзырдта, афтæ йæ хуыссæны сонт бадт ракод- та Уæн. Æмæ йæ зæрдæ фехсайдта, кæд асæджы нæ дзырдта Фарнæгмæ. Фæлæ йæм цыма фыны дæр нæ дзырдта, æмæ йын йæ уæхскмæ авнæлдта Фарнæгæн. — Фарнæг, уæ Фарнæг! Фарнæг фехъал. — Цы кæныс, Уæн? — Æрхъуыды йæ кодтон, Фарнæг. — Цы ’рхъуыды кодтай, Уæн? — Нæ бæстытæ нын куыд суагъта айгуырты ахсты... — Чи нын сæ суагъта? — Урс-урсид уыди йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ: йæ къаба дæр — урс, йæ дзыккутæ дæр — урс. Даргъ дзык- кутæ. Быд нæ, фæлæ — æнæуи уæгъд калд йæ уæхсчытæ æмæ йæ фæсонтыл. Куыд хорз уыди, æмæ ма мæ зæрдыл кæй æрлæууыди!
126 Хуыгаты Сергей Фарнæг бадти, хъуыста Уæнмæ æмæ хъуыды кодта — æвæццæгæн, фыны цыдæр федта. — Фыццаг сæ мæнæн райхæлдта мæ бæстытæ, стæй та — дæуæн. Æз фынæй нæ уыдтæн, ды фынæй уыдтæ фæлæ. Мæн хуыссæг нæ ахста, рынчын уыдтæн æмæ тæвд кодтон. — Стæй цы фæци? — Стæй ацыди. Дуар базыхъхъыр кодта ’мæ ацыд. Урс уыди æмæ дзæбæх зынди, талынджы куыд фæцæйцыди, уый. Уæд æй федтон, стæй мæ ферох, рынчын уыдтæн æмæ мæ ферох. — Æмæ йæм ницы сдзырдтай, куы фæцæйцыди, уæд? — Нæгъ. Нæ йæм бауæндыдтæн дзурын. Уыцы урс- урсид уыди ’мæ. Фарнæг хъуыды кодта — чи уыдаид? Чи сæм æрцыдаид уыцы урс-урсидæй, кæй бахъуыдысты?! Кæд йæ цæстытыл исты уайы Уæнæн? Фæлæ уæд куыд раирвæзтысты? Чи сын суагъта сæ бæстытæ уæд?! — Мæн хуыссæг нал ахсы, — дзуры Уæн, йæ хъуыд- дæгтæ конд кæмæн фæвæййынц, уыцы лæг куыд æнæмæт вæййы, ахæм æнæмæт лæджы хъæлæсæй. Фарнæджы дæр нал ахста хуыссæг, фæлæ, цы ми бакæна, уый нæ зыдта ’мæ хуыссыди. Æмæ та уалынмæ æрцыд йæ хъустыл. — Йæхи урсæй рухс кодта æмæ мæм йæхи рухсмæ зынди. — Фæлæуу-ма, фæлæуу! — æнæнхъæлæджы райхъуысти рæбинаг къуымæй Уæрхтæнæджы ныхас. — Æз дæр æй куы æрхъуыды кодтон, æз. Æмæ йæ, æвæццæгæн, дæ ныхасмæ æрхъуыды кодтон, æндæр ма йæ æз та куыд æрхъуыды кодтон! — Ды та цы ’рхъуыды кодтай? — рабадти йæ уаты Фарнæг. — Мæнæ, Уæн куыд зæгъы, афтæ урс-урсид уыди ’мæ рухс кодта. Бæрзонд уыди, бæрзонд, хæдзарвæндаджы сылыстæг кæм федтат, ахæм. Цырагъы хуызæн лæууыди лæгæты æмæ дзы рухс кодта цырагъау. — Æмæ уæд лæгæтмæ куыд бахаудтæ, уымæй ницы æрхъуыды кодтай? — Уымæй — ницы. Уый размæ уæлмæрдты кæрон уыдтæн, уым саппыл хуыссыдтæн уæлгоммæ, уый ма хъуыды кæнын. Фæлæ уырдæм куыд бафтыдтæн, лæгæтмæ, уый нал хъуыды кæнын. Уым халонæй цы уыди, уыцы уæл-
Нарты Фарнæг 127 мæрдты! Мæлын мæ уыдон нæ бауагътой, мæ зæрдæ цы зæгъы, уымæй. — Халæттæ? — Халæттæ, уæдæ! Фæцæй-иу мардтæн, мæнæ, фынæй куыд фæцæй кæнай, афтæ, æмбаргæ дæр-иу æй кодтон — фæмæлын. Уыдон-иу уый æппæтæй ныхъхъуахъ кодтой, æмæ та-иу нал амардтæн. Мæхи та-иу æрæмбæрстон, цыма- иу фынæй фæцæйкодтон æмæ-иу хъал радæн. — Уæрхтæнæг йæ ныхасæй фæлæууыд, æмæ кæцæйдæр райхъуыст цъыр- цъыраджы цъыр-цъыр. Æвæццæгæн, дыууæизæрыастæу æрбатахт æмæ мидæгæй баззад. Ныр ныхас куы фехъуыста, уæд бацъыр-цъыр кодта уый дæр. Æмæ йæ дард кæмдæр балæууын кодта Фарнæджы уыцы сабыр цъыр-цъыр. Фæцæуы уыцы нарæг уынгты, уынггæ, цыма адæмы уынгтæ нæ уыдысты, фæлæ цъырцъырæгты уынгтæ уыдысты, уымæй уæлдай сæ удгоймаджы сыбыртт никуыцæй хъуысти. Æрмæст — цъырцъырæгтæ! Тахтысты фæйнæрдæм, æмæ сæ цъыр-цъыр бæстæ йæ сæрыл иста. Уынгтæ — цæхгæр къæдзтæ æмæ цæхгæр фæзилæнтæ. Афтæ зынд: размæ цæуæн йеддæмæ сæ фæстæмæ здæхæн нæй ацы уынгты. Æмæ та фæлæууы йæ цæуынæй Фарнæг, æмæ та йæм уæд ноджы тынгдæр æрбайхъуысы цъырцъырæгты цъыр-цъыр. Иу ран иу уынджы цыди дон. Доныбыл уыд дæргъæй- дæргъмæ кæлдым. Кæлдымæн йæ сæрмæ ’ввахс бадти иу цыргъдзæсгом æмæ тъæпæнбоцъо лæг. Диссаг уыди — уый хуызæн цыргъ цæсгом уа, æмæ йыл ахæм тъæпæн боцъо æрзайа! Фарнæгмæ духъы хуызæн фæкасти лæджы цæсгом, куыройы духъы хуызæн. Лæг гуыбырæй бадти æмæ, йæ дыууæ уæраджы астæу цы сигæцы цъæл бакодта, ууыл иу гыццылгомау цыргъбырынкъ кард ссадта. Фарнæг æм æввахс бацыд. — Фарн дæ куысты! Лæг фесхъиудта æмæ йæ кард хæрдмæ фæдардта, цыма йæ Фарнæгмæ æвдисынмæ хъавыд, уый хуызæн. — Чи дæ?! — Нæртон дæн. — Нæртон?! — æнæнхъæлæджы йæ артæнтæ кæмæн бацæвай, уый хъæр фæкодта лæг. Кард йæ къухы, афтæмæй къухаууонæй кæсы Фарнæгмæ. — Дзæгъæл фæдæ?! — Ницы фæдæн дзæгъæл.
128 Хуыгаты Сергей — Уæдæ?! — Æнæуи æрцыдтæн зонгæ-зонын. — Кæдæм æрцыдтæ зонгæ-зонын, уый зоныс? — Зонын. — Æмæ нæм цæмæ фæцыдтæ уыцы зонгæ-зонын? Æмæ йын, йæ разы лæууыд, афтæмæй рахабар кодта Фарнæг: — Ме ’фсымæр уæ лæппуты ахæсты бахауд. Рынчын æфсымæр мын у, æмæ уый фæдыл рацыдтæн. — Æмæ йæ цæмæй зоныс — кæд мах лæппутæ нæ уыдысты, уæд та? — Фæд сымахмæ цæуы. — Фæд ницы зоны. — Лæг йæ кардыл агуыбыр æмæ та йæ уыцы лæгъз сигæцыл байдыдта цыргъ кæнын. — Рынчын у ме ’фсымæр æмæ куы амæла, уæд уын йæ тæригъæд баззайдзæн, æмæ уæ цæмæн хъæуы йæ тæригъæд! Лæг фæлæууыд йæ кард ссынæй. — Знаджы тæригъæдæй ничи фæрсы. Нартæ махæн знаг сты. — Знаг Хуыцауы æвастæй систы нартæ ’мæ айгуыртæ. Знæгтæ куы нæма систы, уæд сыхæгтæ уыдысты, хорз сыхæгтæ. — Хуыцауы æвастæй ницы ’рцæуы Хуыцауы бын. Фарнæджы æрфæндыд: лæг æй йæ фарсмæ куы ’рбадын кæнид æмæ афтæ фæрсæй-фæрстæм бадгæйæ куы аныхас кæниккой. Дзæбæх æм куы байхъусид ацы лæг, йæхæдæг дæр куы байхъусид лæгмæ. Чи зоны йæ бамбара, чи зоны йын баххуыс кæна. Фæлæ йæ нæ бадын кодта лæг йæ фар- смæ, æмæ куыд сбадтаид. Хæстæгдæр балæууыди лæгмæ. — Хуыцау кард никæй къухмæ радты. Исгæ дæр æй никæй къухæй бакæны. Фæлæ карды фындз, кард йæ къухы кæмæн уа, уый коммæ кæсы, æмæ алы фыдгæнд Хуыцауæй аразгæ нæу. — Хуыцауы бын фыдгæндæй ницы и. Хуыцауы бын алцыдæр барст у. — Уæдæ ме ’фсымæр уæ лæппуты ахæсты кæй бахауд, уый дæр барст у Хуыцауы бын? — Кæд бахауд, уæд Хуыцауы фæндыд афтæ. — Æмæ йæ ныр куы ауадзой, уæддæр Хуыцауы фæнд- дзæн афтæ?
Нарты Фарнæг 129 Лæг йæ сæр тилы. — Нæ йæ ауадздзысты. Дæхи дæр дын нал ауадздзысты. — Æмæ уый дæр Хуыцауы фæндыди — цæмæй ма уæм æз дæр æрцыдаин мæхи къахæй? — Уæдæ! Сыгъдæг Хуыцауы, — загъта лæг æмæ та сигæцмæ агуыбыр и. Фарнæг та йæм хæстæгдæр балæууыд. — Уæ куывды цæмæ фæкувут? — Мах куывд нæ фæкæнæм. — Куыд нæ фæкæнут куывд? — Нæ хъæуы мах куывд. — Уæдæ уæ зæрдæтæ кæм раргом кæнут, уæ зонд кæм баиу вæййы? — Зæрдæ ’ргом кæнын нæ хъæуы. Зæрдæ хъуамæ æхгæд уа, зæрдæ у ’мæ. — Зонд дæр нæ хъæуы иу кæнын? — Зондæн иугæнæн нæй. Нæ иу кæны иуы зонд иннæйы зондимæ, — лæг йæ бæрзæй аздыхта æмæ фæстæмæ акаст, цыма йæ фæстæ исчи куы амбæхса, уымæй тарст. — Стырбон дæр нæ фæкæнут? — Махмæ стырбон нæй. Махмæ тугхæрæн бон ис. — Уый дæр дæм нæ зыны Хуыцауы æваст хъуыддаг — лæг уай æмæ лæджы туг хæрай! — Æхсыримæ хæццæйæ, — цыма искæмæн, дæ хæлафыл уæлдæр схæц, дзырдта, ахæм хуызы загъта лæг. Æмæ уым лæджы раз лæууыди, лæгмæ комкоммæ ка- сти, афтæмæй ныссагъæс кодта Фарнæг: кæд ын рæсты- тæ фæдзурынц нарты лæппутæ — айгуыртимæ нын нæ фыд иу аджы куы сфыцай, уæддæр нæ бас нæ баиу уыд- зæн, æмæ нæ ныууадз айгуыртæй. Мæнæ йæхæдæг дæр афтæтæ нæ дзуры ацы айгуырон?! Уæддæр йæ зæрдæйы цы хъуыды дардта æвæрдæй, уымæ бавналын йæ цæст нæ уарзта. Аргъуц кодта уыцы хъуыдыйæ, æмæ йыл уæд, цыма комдзог рацыдаид, афтæ йæм зынди. Фидарæй йæ уырныдта: абон мацы сахадæд, уæддæр ын сом-иннæбон æнæ сахадгæ нæй. Хъуыдæгтæ аразæг кард æмæ фат кæд нал уыдзысты, уыцы дугæн æнæ æрцæугæ нæй. Иу фæн- даг йеддæмæ нæй, нартæн сæ алыварс цы адæмтæ цæры, уыдонмæ — уый дзоныгъы хъустæй лæгъз уа хъуамæ уыцы фæндаг æмæ уæрдоны цалхæй над. Рагсом нæуæг 9 Хуыгаты Сергей
130 Хуыгаты Сергей фæлтæр кæй рацæудзæн цардмæ, уый куыд нæ у гуырыс- хойаг, афтæ гуырысхойаг нæу, уыцы нæуæг фæлтæр нæ- уæг зонд кæй рахæсдзæн йемæ, уый дæр. Уæдæ уыцы нæуæг зонд уымæ арæзт ма уа, уыцы лæгъз æмæ над фæн- дагмæ, уый гæнæн нæй. Дзоныгьлæгъз æмæ уæрдоннад фæндагæй хуыздæр фæндаг нæй. Лæууыди Фарнæг æмæ йæ цæсты зулæй касти лæгмæ. Уый багуыбыр æмæ цыргъ кодта йæ кард. Хатт-иу йæ тæнæг былтæ базмæлыдысты, цыма истытæ дзырдта йæ кардæн, уый хуызæн. Стæй систа йæ кард йæ сæрмæ, бæрзонд æй сдардта, йæхæдæг йæ сæрыл фæстæмæ ахæцыд æмæ уæлæмæ касти кардмæ, цыма кæйонг сæххæст, уый бæрæг кодта. Афтæ хæцыди кардыл æмæ йæм касти хæрдмæ. Уæд, сæ бакомкоммæ цы даргъчъылдым хæдзар уыд, уырдыгæй рахызт цалдæр лæппу-лæджы æмæ йæ алыварс алæу- уыдысты Фарнæгæн. — Нæртон лæг нæм æрхауд, айгуырон æгъдау ын скæнут, — йæ кард æруагъта лæг. — Фынæй бадæ, Фарнæг? — хъуысы Фарнæгмæ Уæны ныхас. Цæуылдæр тыхсы Уæн. — Ницы бадæн фынæй, — кæмдæр йæ кæлдымы кæрон бадгæйæ аззади айгуырон цыргъцæсгом æмæ тъæпæнбоцъо лæг. — Æмæ дæм дзургæ ницы скодта, Уæрхтæнæг? — Цы зонын. Кæд мæм сдзырдта, уæддæр мæ зæрдыл нал лæууы. Æнæуи дæр æй цы дзырддаг уыдаид мемæ — мæлæг лæг уыдтæн æз. — Дæумæ та? Дæумæ дæр ницы сдзырдта, Уæн? — Мæнмæ сдзырдта. Уый дæр æрхъуыды кодтон, цы мæм сдзырдта, уый дæр. — Æмæ дæм цы сдзырдта? — Цы, цы де ’мбалы, дам, райхъал кæн æмæ, дам, лидзгæ кæнут, фæндаг, дам, де ’мбал зоны. — Цы, дам, зоны, цы, де ’мбал?! — Уæны ’рдæм ныззылд Фарнæг. — Фæндаг, дам. — Чи, дам, зоны фæндаг? — Де ’мбал, дам. Дæуæй загъта. | — Стæй? — Стæй дæ райхъал кодтон. Æмæ æваст кæйдæр тымбыл къухтæ ныххостой Фарнæджы
Нарты Фарнæг 131 фæсонтæ ахъаззаджы хостæй, æмæ сæ гыбар-гыбур ссыди йæ фæсонтæн. Æмæ та æндæр кæмдæр балæууыди Фарнæг, дард кæмдæр, талынг кæмдæр. Æмæ хуыссыди уыцы ран тæрхæгыл, йæ къухтæ йе ’рдынбосæй йæ чъылдыммæ баст, афтæмæй. Уый та лæугæ кодта йæ разы. Æцæг иууыл урс нæ уыди уый, адон кæмæй зæгъынц, уый куыд урс уыди, афтæ. Йæ цæстытæ æмæ йæ дзыккутæ хицæн кодтой чызгæн йæ урс къаба æмæ йæ урс дæллагхъуыртæй. Нал бафæрæзта хуыссын Фарнæг. Сыстад æмæ æддæ- мæ рараст и уыцы талынджы. Куыддæр дуарæй ахызт, афтæ сæ сисмæ бахаста йæ фæсонтæ. Балхъывта сæ сисмæ æмæ хъуыды кодта: «Ау, Мæргъуанæ?!» Æмæ ма уыдоны рауадзæд, уый æмæ Уæны, фæлæ Уæрхтæнæгыл та цы ’гъдауæй бамбæлдаид?! Æви йæ уыцы лæгæтмæ дæр уый фæкодта, Мæргъуанæ? Æмæ уыцы ран ауыдта йæхи — фæцæуы æнæзонгæ æгæндæг хъæды, йæ уæхсчытæ хафы бæлæсты зæнгтыл, йæ къæхтыл тыхсы уыцы ставд нывзæг. Йæ уæрджытæ йæ быны дыдæгътæ кæнын байдыдтой. Иу ран хъæд фæтæ- нæгдæр и — уый бамбæрста. Стæй бамбæрста ноджы — зæхх фæкъул йæ разы, фæстæмæ фæхæца йæхиуыл, уый йæ бон нæ баци æмæ атылд уыцы къулы. Куы ’рлæууыд йæ тулынæй, уæд йæ сæр зылди æмæ слæууын нæ бафæ- рæзта, уæддæр базыдта — уынгæг, тынг уынгæг æрх уыди, кæдæм ныттылди, уый. Уæд йæ фазыл абырыд æрх-æрх уæлæмæ. Иу къæдзæхмæ йæ схæццæ кодта æрх. Уым слæууыди къæдзæхы æнцой, къул-къул ацыд иуырдæм æмæ дзы мæнæ дуаргонд зыхъхъыр къæдзæхы, нарæг зыхъхъыр, лæг фæрсмæ кæм алæса, ахæм. Æмæ дзы алæсти. Разæй йæ риу хафта къæдзæхы къулыл, фæсте — йæ фæсонтæ, стæй феуæгъд къæдзæхæй, æмæ цыдæр æгуып- пæг ныссæх-сæх кодта йæ хъусты, нæ бафæрæзта уыцы сæх-сæхæн, йæ зонгуытыл æрхауд, æмæ фæкъаддæр и сæх-сæх. Уæддæр йæ уæрджытыл слæууа, уый йæ бон нæ уыд æмæ фæйнæрдæм каст. Зынгæ йæм никуыцæй ницы кодта, хъуысгæ дæр — уыцы æгуыппæг сæх-сæхы йеддæмæ, æмæ хатыдта — ныртæккæ йын æнæ афынæй нæй: уыцы æгуыппæг æй фæйнæрдыгæй æлхъывта. Йæ цæнгтæ ма бæргæ ныббыцæу кодта зæхмæ, бæргæ ма ацархайдта стыныл, фæлæ нæй! Фæтасыдысты йæ цæнг-
132 Хуыгаты Сергей тæ æмæ ныддæлгом зæххыл. Стæй ницуал бамбæрста. Кæддæр æрыхъал иу афон, æмæ йæ хъустыл цыд хъæрзын, уæззау хъæрзын — кæд хъал дæр уыцы хъæр- зынмæ раци? Йæхиуыл схæцыди, йæ цыппæртыл бабы- рыд, хъæрзын кæцæй хъуыст, уырдæм. Æвæццæгæн, бон кæнынмæ хъавыд — къæдзæхы скъуыдæй рухсы фæлм æрбахъуызыд æмæ лæгæты къуымты дыдзы рухс байдыдта змæлын. Лæгæты рæбынмæ куы бахæццæ, уæд йæ цæстытæ æрхæцыдысты: чидæр лыстæныл хуыссы, хъæддаг лæг куыд уа, афтæ йæ цæсгом æгасæй хъуыны бын фæци. Æрмæст ма йæ цæстытæ æрттывтой. Цыма сын уый^фæстаг æрттывд уыд, афтæ зынд — æгæр сыгъ- дысты. Йæ улæфт дæр — тæрк улæфт, удисæг лæджы улæфт. Кæсы йæм Фарнæг æмæ йæ хъуыды змæлы цъус — цы ми кæна? Ныууадза йæ æмæ йæ балцы кой кæна? Æмæ йæ куыд ныууадза! Нæ йæ уадза, æмæ цы уы- дзæн Уæн? Æмæ йæм лæджы хъæлæсæй хырхыргæн- гæ сыхъуысти уым: — Ныр иу хуыпп, иу нæртон доны хуыпп ныр. Ехх!.. Йæ цылыхъ æриста йе ’фцæгæй, лæджы дзыхыл æй сдардта, дзурын ницы сфæрæзта, æмæ лæг хъуыртт- хъуырттæй куыд ралæууыди доныл, уый йæм хъуыст. Куы баныуæзта, уæд басабыр и лæг — нал дзургæ скодта, нал йæ хъæрзын сыхъуыст, æмæ йæм уæд ныггуыбыр кодта тынг Фарнæг. Æмæ йæ сабыр бафарста: — Чи дæ? Цæмæн æрцагуырдтай нæртон дон? Лæг базмæлыд. Фарнæг æй куыд бамбæрста, афтæмæй йæ рабадын фæндыд. Æмæ йыл рахæцыд Фарнæг, рабадын æй кодта. Æмæ йæ уæд лæг дæр бафарста Фарнæджы: — Чи дæ?! — Æз бæлццон дæн. Фæдзæгъæл дæн æмæ афтæмæй æрбафтыдтæн ардæм. — Лæг ын цыма ницы бамбæрста йæ ныхæстæн, йæ къухты бандзыг и Фарнæгæн, æмæ йæ сабыр бауыгъта Фарнæг. — Ды чи дæ, ды?! — Мæхæдæг дæр æй нал зонын. Фæлæ мын де сныхас æнахуыр æхцон у. Кæд дын зын нæу... — Æмæ цæмæн æрцагуырдтай нæртон дон? Чи дæ?! — æмæ та йæ чысыл, хæрз чысыл бауыгъта Фарнæг. Æмæ æрсабыр и йæ къухты лæг, хуыссæг кæй æрцахсы, уыцы
Нарты Фарнæг 133 сывæллон куыд æрсабыр вæййы, афтæ. Ницуал æм дзырдта Фарнæг дæр, æрмæст æм касти комкоммæ æмæ уыдта, йæ цæстытæ куыд æрттывтой, уый, æмæ та-иу фæтарсти — фæстаг æрттывд ын ма уой?! — Æз нартæй дæн, — бынтон æнæнхъæлæджы райдыдта дзурын лæг, хæр-хæр дæр нал сыхъуыст йæ хъæлæсæй. — Фæлæ дзы раджы фæхаудтæн Нартызæххæй, тынг раджы æмæ кæм и, кæцырдыгæй, уый нал зонын. — Ды нартæй дæ?! — ацы хатт æй тынгдæр бауыгъта Фарнæг. — Куыд нартæй дæ, цæй нарты кой кæныс?! — йæ худы мидæг йæ сæрыхъуынтæ арц куыд сбадтысты, уый хатыдта Фарнæг. — Лæппутæ райгуырд ме ’фсымæрæн, фаззæттæ, дыууæ. Куывд^кодтам, æмæ æз хонæг фæцыдтæн... — Йæ ном цы хуынди де ’фсымæрæн, и?! — цыма йыл хъæр кодта, афтæ рауади йæ фарст Фарнæгæн. Дис æм касти, кæддæра цы зæгъид. — Ныр æй æрхъуыды кодтон мæнæ, ды мæм куы сдзырд- тай, уæд — цыдæр разæнгардæй загъта лæг. — Рох мæ фæци цасдæр, æмæ ныр мæнæ æрлæууыди мæ зæрдыл дæ фарстмæ: стыр диссæгтæ мæнæ!.. Уæрхæг! Уæрхæг! Уæрхæг хуынд ме ’фсымæры ном. — Уæрхæг?! — ахъаззаджы хъæр сирвæзти Фарнæгæй, ныррызти лæгæт, ахæм хъæр уыди. — Уæрхæг, загътай, Уæрхæг?! — Уæрхæг, уæдæ! Æмæ мæ ферох... Диссаг нæу — куыд мæ ферох, стæй ма куыд æрлæууыд мæ зæрдыл, куы мæ бафарстай, уæд! Куы нæ мæ бафарстаис, уæд, æвæц- цæгæн, никуыуал æрлæууыдаид мæ зæрдыл. Æмæ стыхст Фарнæг: кæцæй йæм хъуамæ æрцыдаид Уæрхæджы ном ацы мæлæг лæгмæ? Цæмæн æм æрцыда- ид?! Цы йын æй бафтыдта йе ’взагыл? Кæм æй фехъуыста?! Цы йæм дзура, цæмæй йæ фæрса, уыдæттæн ницуал зыдта Фарнæг. Æмæ та базмæлыди лæг уæдмæ йæ къухты, стæй райхъуысти йæ ныхас — сыгъдæг ныхас, фæскуыд сывæллоны ныхас куыд сыгъдæг вæййы, афтæ: — Мæхи ном дæр мæ рох уыди, мæхи! Æмæ йæ ныр æрхъуыды кодтон уый дæр. Уæрхтæнæг хуынд мæхи ном та, Уæрхтæнæг! Æниу дæу та цæмæн хъæуы, фæлæ уæддæр. Æмæ ныдздзой-дзой кодта уæд Фарнæг. Фæцудыдта.
134 Хуыгаты Сергей Лæг куы ахауа йæ къухæй, уымæй йын фæтарст, æрбануæрста йæ йæ хъæбысы æмæ йæ уырдæм бафарста, йæ хъæбысмæ: — Стæй цы фæдæ, хонæг куы фæцæйцыдтæ, уæд? — Айгуырты уæрмы аирвæзтæн. Æмæ йæ уый дæр бафарста Фарнæджы: — Ды та куыд æрбахаудтæ ардæм? Чи дæ ’мæ кæдæм дарыс дæ фæндаг? Фарнæг гуырысхо кодта — куыд хъуамæ уа Уæрхтæ- нæг? Фæлæ сæ уæд цæмæй зоны Уæрхæджы дæр, Уæрх- тæнæджы дæр?! Уæддæр æм лæг æнхъæлмæ касти, æмæ цыбырæй загьта: — Нæртон лæг дæн æз дæр. — Чи дæн, зæгъыс, чи?! — йæ сонт хъæр фæцыд лæ- гæн æмæ йæ цæнгтæм февнæлдта Фарнæгæн. — Кæд ды рæстытæ загътай ам, уæд де ’фсымæры лæп- пу дæн, Уæрхæджы лæппу æз. — Ме ’дых æмæ мæм ме ’вæрæзы цæстæй ма кæс æмæ мæ хъазгæ ма кæ — тæригъæд ма уæддæр ис! Уæдæ Уæр- хæджы фырттæ бабын сты! Мæнмæ дæр ма куы ныххæц- цæ и сæ сæфты хабар хъус-хъус. — Бабын сты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Ныр ма йын стæм мах — æз æмæ Уæн. — Уæдмæ Уæрхæг зæронд уыдаид æмæ ма зæрондæн цы хуыцау дæтты зæнæг! — Уымæн радта зæрондæй дæр, мæ фыдæн. — Уæдмæ йын ус дæр нал уыдаид, багъæц. — Раст у уый дæр, Донбеттыронæй райгуырдыстæм мах. — Мæнæ Хуыцауы диссæгтæ хъусын, мæнæ! — ныдз- дзынæзта Уæрхтæнæг. Фарнæг, цыма тарф фынæй уыд æмæ фын уыдта, цы- дæр æндæрбæстаг фын. Æрмæст-иу Уæн куы ’рбалæууыд йæ зæрдыл, уæд-иу цыма æрыхъал и йæ фынæй æмæ-иу кæмдæр дард ран аззади йæ фын. — Уæд ам цы ми кæныс, уо ме ’фсымæр?! Ай айгуырты зæхх куы у, нæ фыдгулты зæхх, уæд? — Амынæты мын ракодтой ме ’фсымæры, Уæны, æмæ уый фæдыл рацыдтæн, кæд ма мæ къухы бафтид. — Амынæты?! — ныууынæргъыд Уæрхтæнæг. — Уæдæ дæм ныр митæ уыдзæни! Æмæ де ’мбæлтты кæм ныууагъ- тай? Кæм сты де ’мбæлттæ?!
Нарты Фарнæг 135 — Æмбæлттæ мын нæй, иунæг дæн. — Иунæг?! — Ахæм хъæр дзы сирвæздзæн Уæрхтæнæ- гæй, уый æнхъæл нæ уыд Фарнæг. — Æгæр æмæ-иу се стур куы баззади æддæ, уæддæр-иу йæ агурæг лæг рæгьауæй куы цыдысты нартæ. Уæд ныр сæ лæг агурæг иугай удтæй рай- дыдтой цæуын?! — Цæуджытæ бирæ уыди мемæ, фæлæ никæй рауагътон. Бирæйæ рацæуын — уый рабырст у. Æмæ мæн рабырсын нæ фæндыд. Кард æмæ фаты ’хситтæй дуне тæгæлтæ хауы. Сæ удтæ сафтид кодта адæмæн. — Уо ме ’фсымæр, дæ фæндтыл дур ныффæлдах! — Нæ фыд нын цы æртæ фæдзæхсты ныууагъта, уыдонæй сæ фыццаг у: фыдæх хæссынæй фыдæмпъызт у хуыздæр. — Хуыздæр у, уымæй раст загъта Уæрхæг. Фæлæ иуырдыгæй æмпъузын — æмпъызт нæ хуыйны уый. Æмпъузæн дæр иуырдыгæй æвæрд куы цæуа, æмæ йæ сын- чытæ дæр уыцырдыгæй куы кæной, уæд дзы æмпъызт нæ рауайдзæни, ме ’фсымæры хъæбул, зон æй. — Гыццыл фæлæууыди йæ ныхасæй Уæрхтæнæг, йæ риуыдзаг сулæ- фыд, æмæ йæ риуæй иу мæллæг хъыззытт фæцыд. — Адонимæ ницы ис бампъузæн. Ныхас сæм ныхас нæу, дзырд — дзырд. Къуырма у сæ адæмы гъæд, афтæмæй — хин. Сæ цæстыты ныббадт сæ хин æмæ сæ рæстмæ кæсын нæ уадзы, æмæ сæ развæндаг уынынц æрмæст — æддæдæр нæ, нæ фаг кæны сæ цæсты рухс. Ахæм адæм сты, гъе, адон. Цалынмæ сæм кард бавдисай, уæдмæ сæ къудитæ хъилæй дарынц, стæй сæ сæ сагæхты фæцæвынц. Фарнæг лæууыд йæ зонгуытыл, лæджы хъæрзгæ ны- хасмæ хъуыста, фæлæ йыл йæхицæн дæр нæ саст. Нæ йыл басаст Уæрхтæнæгæн дæр. Ныхас куы фæци Уæрхтæнæг, уæд æм нывнæлдта, йæ хъæбысмæ йæ систа, сывæллоны куыд сисынц, афтæ æмæ йын загъта: — Фидар фæлæуу. Æз фæстæмæ ауылты рацæудзынæн. Уæрхтæнæгæн æгæр æнæнхъæлæджы уыд уыцы ныхас — нырма йын цыдæртæ зæгъинаг уыд. Фæлæ йæ зæрдæ ’хсайы, уый бамбæрста æмæ фæстæмæ ’рхæцыди йæ зæгъинæгтыл. Æрмæст ма иу улæфт ныккодта, стæй загъта: — Мæ сæр дын уый куы фестид, цæмæй дзæбæхæй раздæхай фæстæмæ, мæ зæронд сæр... Лæууыди сисрæбын Фарнæг æмæ йæ цæстытæ æнæсæр-
136 Хуыгаты Сергей фад рахæсс-бахæсс кодта уыцы талынг уынгты. Йæ цæсты- ты раз багуыбыр сты хæдзæрттæ, бонмæ æнхъæлмæ кæсы- нæй бафæлладысты. Æрцæудзæн бон, фæлæ сын рухс йеддæмæ ницы æр- хæсдзæн уый дæр. Иæ бон æндæр ницы у бонæн дæр. Æрæджиау ауыдта — уæлæ Дургомты рæзты йе ’нæвдæ- лон, йæ пæррæстгæнаг цыдæй æруайы Сырдон. Уыдонырдæм æрбараст. Бонхæрæны сисгæрон ауыдта Фарнæджы, цæх- гæр фæлæууыд. — Уæрхтæнæг бынаты нæй? — дзуры Фарнæгмæ. — Бынаты и, уæдæ кæм и? — Бадзур ма мын æм. — Куыд дын æм бадзурон? Хуысгæ кæны. Ныр æмбис- æхсæв у. — Æмбисæхсæв нæннæ йед у! Æмæ нырма Кæнты хæрæг куы нæ ныууасыд! — Æмæ уæд та нал уасы Кæнты хæрæг. — Нал уасы Кæнты хæрæг, уæдæ! — Æмæ исты хабар и? — Хабар та цы и! — бахъуыр-хъуыр кодта Сырдон. — Хуыдуг куы кæнын æнæ хабарæй мæнæ! Æртæ нартæй æртæ хабары нæ райхъуысдзæни бон, афтæ гуытты хъæутæ систы ’мæ, — дзургæ фæцæуы далæ Сырдон. — Фæцæуыс, Сырдон? — дзуры ма йæм Фарнæг. — Фæцæуын, уæдæ йед кæнын. — Æмæ кæдæм цæуыс? — Кæдæм мæ фæнды, уырдæм, — бустæ кæны Сыр- дон. Иу ран цæхгæр фæлæууыди. — Дæлæ изæры Æхсæртæг- гаты мæсыгæй чидæр каст, æмæ кæддæра чи уыд. Фарнæг лæугæйæ баззад. Сисы уазал ын зына-нæзына хъарыд йæ фæсонтæм. Æхсызгон ын уыд уыцы уазал, æмæ æлхъывта йæ фæсонтæ сисмæ. Иуафон йæ цæстытæ æрхæцыдысты скæсæны арвыл — кæмдæр, дард кæмдæр, йæ иугæндзон фæндагыл сындæг- сындæг сцæйцыди мæй, æмæ базмæлыди йæ зæрдæ Фар- нæгæн, цыма мусы уыди, найгæнæнты фæстæ, æмæ йæм ныр хъæмпы фæскъæуттæ æмæ зыгуымы бигъуыйы бынæй хор сзынд. Æмæ бынтондæр скæсæнмæ сарæзта йе ’ргом. Раст уыцы афон рахъазыд комырдыгæй уадымс, йемæ мустæй рахаста хус хоры тæф, æрбаулæфыд хоры тæф хæдзæрт-
Нарты Фарнæг 137 тыл, æмæ цыма змæлгæ бакодтой хоры тæфмæ хæдзæрт- тæ, афтæ фæзынд Фарнæгмæ — йæ цæстытæ æрхæцыдысты хæдзæрттыл. Хортæ æрластой мустæм, æмæ сфидыдтой мустæ. Сæхæдæг дæр æркарстой сæ хуымты гæппæлтæ. Хуымтæ сын гыццыл нæ уыди, бæргæ, фæлæ Уæрхæг — нал, Уæрхтæнæг — сæфт, Уæн — рынчын, æмæ сæ Фар- нæг феуæрста хъæуы мæгуыртыл. Ныр-иу сæумæйæ балæу- уыдысты хуымы кæрон Борæтæ æртæйæ. Кæрдынхъом сæ Фарнæг йеддæмæ ничи уыд, фæлæ иннæтæ дæр цыдæртæ хыбыр-хыбыр кодтой. Уæн куыристæ хаста æмæ сæ уыгæстæ амадта. Уæрхтæнæг æфсиртæ уыгъта. Рæхджы най кæнын райдайдзысты, æмæ та хъæу мустæм аивылдзæн.Æмæ та цы цардызмæлд уыдзæни мусты! Стæй уыцы цардызмæлд хоримæ æрбацæудзæн хæдзæрттæм, афæдзваг цардызмæлд. Хор йæхæдæг фæуыдзæн, йæ цар- дызмæлд — нæ. Æнæуи йæм цард найы хуызæн фæкæсы Фарнæгмæ, адæм сæхæдæг та — наййæгты хуызæттæ. Алкæмæн дæр сæ, цард йе ’фцæгыл цы къæлæт бафтыдта, уый хæссы, уыцы къæлæт. Æмæ йын къæлæт куыд амоны, уымæй йын нæдæр тагъддæр ацæуæн и, нæдæр фæстæдæр аззайæн. Фæлæ къæлæт иутæн амоны дугъ кæнын, най- йæгтæн сæ кæрон цы бæх вæййы, уый хуызæн — уый дугъ куы нæ кæна, уæд не ’ййафы иннæты. Иннæтæй дæр мусы къæбæлмæ чи куыд дарддæр баст у, афтæ цæуы тагъддæр. Се ’ппæтæй сындæгдæр цæуы къухцæг — уыцы цыбыр фæндагыл цæуы, уыцы сабыр къахдзæфтæ кæны, уыцы иу ранмæ кæсы. Афтæ у адæмы хъуыддаг дæр. Дæле Хæмыцты къуда куыдзы рæйын ссыд. Æвæц- цæгæн, Сырдонмæ ралæбурдта æмæ, Сырдон у, уый куы базыдта, уæд ныууагъта йæ рæйын. Сырдоныл нæ рæйдтой нарты куыйтæ. Стæй та зарын æрцыди йæ хъустыл Фарнæгæн. Зары- дысты та Тæрийы фаззæттæ — афтæ сæ хонынц хъæубæсты. Æндæр номæй ничи ракæндзæн сæ кой — уæртæ Тæрийы фаззæттæ. Тæри йæхæдæг дæр гуыбыны баззад, йæ фыд Гуыдзой фæмарди ныббырсты, йæ чындзæхсæвыл цалдæр боны куы рацыд, уæд. Фыды æмбисонд æрцыд Тæрийæн йæхиуыл дæр — фæдисы фæмард, куыддæр лæппуты мад банхъæлцау и, афтæ. Куырдадз сын баззади лæппутæн
138 Хуыгаты Сергей фыды бынтæн, æндæр ницы. Æмæ æхсæв дæр фылдæр уым баззайынц. Цырагъы рухс æмæ хъæсдарæджы зылангмæ фæцалх сты зарыныл. Æмæ се ’мдзæрин сси зарæг сæ фыдæлты куырдадзы. Æнæуи дзæбæх, тымбыл лæппутæ — æмхуызон бурхил æмæ цъæхдзаст. Заргæ та рагон нæртон зарæг фæкæнынц: Бандидзæм æфсæн кæрдтæ, бандидзæм, Бандидзæм нæ цирхъытæ уæларвон зынгæй. Бандидзæм згъæргуыртæ, бандидзæм, Карды ком сыл ма хæца, бандидзæм. Фаты æрттигъ сæ ма хиза, бандидзæм. Афтæ зарыдысты. Сæ куырдадзы та згъæргуырты кой дæр нæ уыди æмæ цирхъыты кой дæр. Цæфхæдтæ ’мæ æгъдæнцæйттæ-йедтæ арæзтой. Фæлæ зарæг зарæг у æмæ сæм, куыд æрхæццæ и, афтæ йæ зарыдысты. Заргæ та афтæ дзæбæх кодтой, æмæ сæм лæг хъусынæй не ’фсæст. Карды ком сыл ма хæца, бандидзæм Фаты æрттигъ сæ ма хиза, бандидзæм... Зарæгмæ хъуыста Фарнæг, афтæмæй йæ цæстытæ æр- хæцыдысты — далæ, Æхсæртæггаты зæронд куырой кæм уыд, уым иу æхсидав судзы æмæ, цыма ауыгъд у æмæ хъел- лау кæны, афтæ зыны. Чидæр кæсаг ахсы. Тæккæ еугæф калынафон æмæ дауынафон. Удисæджы змæлд кæнынц кæсæгтæ. Фæллад æмæ æххормаг дæр ницæмæ дарынц. Уæд уыдонмæ кард сис! Æмæ фæфæнд кодта — ныццæуа йæм, чи у, уый базона. Мвдæмæ бауад, йæ пысултæ акодта, фæсдуар цы лæдзджытæ уыд, уыдонæй иу райста æмæ фæстæмæ рахызт. Уæрхтæнæг æмæ Уæнæн цыдæр ныхас бацайдагъ æмæ йæм сæ хъус не ’рдардтой. Уæдмæ мæй сзынди арвы кæронæй, æмæ дуне бауддзыд и. Æхсызгон ын уыди мæйы скаст. Цыди æмæ цæугæ-цæуын хъуыды кодта: куыд хорз у — бон адæмæн хур и, æхсæв — мæй. Бон цардаразæн у, æмæ цардаразгæйæ хуры рухс хъæуы æмæ хуры хъарм ноджы. Æхсæв та цардуарзæн у. Уым рухс афтæ бирæ нæ хъæуы, цæмæй зæрдæтæ кæрæдзи- мæ фæндаг арой, уый фаг рухс хъæуы, æндæр нæ. Мæй сæ хъузон у зæрдæтæн æмæ иу афон уымæн не скæсы алы ’хсæв: зæрдæ зæрдæ у, кæд æм цы æрцæудзæн, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Æмæ сæ талынджы дæр фæуадзы зæрдæты,
Нарты Фарнæг 139 стæй та сыл кæсгæ дæр скæны. Хуры хъуыддаг æндæр у — хур хъуамæ кæсгæ дæр иу афон кæна æмæ ныгуылгæ дæр. Кæннæуæд адæм хъуыддæгты куыд бацæудзысты æмæ куыд араздзысты хъуыддæгтæ! Мæйы тынтæ доны уæлцъарыл æртытæ кодтой. Къаннæг сырхбын æртытæ æмæ йæ развæндаг дзæбæх æвзæрста уыцы æртыты рухсмæ Фарнæг. Уæдмæ йæ цæстытæ æрхæцы- дысты, цырагъ кæмæ уыд, уымæн йæхиуыл дæр — уартæ доны бæрæг астæу иу дурæй иннæ дурмæ саджилæй лæу- уы, йæ иу къухы цырагь и, иннæйы — кард, даргъ кард, кæсагмарæн кард. Уартæ кард уæлæмæ фæцыд йæ хъавгæ цыдæй, стæй андзыг и, ныртæккæ йæ цъыкк фæцæудзæн кардæн æмæ кæсаг фæуæлгом уыдзæн, æмæ æрдзæтæ ’мæ сæдæтæ кæм и кæсæгтæ, уыцы еугæф баззайдзæн æнæ дау- дæй æмæ бахуысдзæн. Æмæ бахъæр кодта лæгмæ: — Ай æмæ кæцы дæ?! Уый фестъæлфыд, йæ кард дæр хъилæй аззад æмæ йæ цырагъ дæр. Йæ бæрзæй раздыхсæгау кодта былмæ, йæ роцъо йе уæхскæй федде и. — Фарнæг куы дæ! — Чи дæн уæдæ! Æмæ йæ рухс цады сæрмæ ауындзæгæй аззад, йæ кард цыма уæгъд фæци — æрхауæгау кодта, йæ фындз кæмдæр дурмæ ныххаста, йæ къæрцц фæцыди дурыл. — Арсаг нæ дæ? — Арсаг дæн. — Æмæ уыцы фæллад кæсæгтæм дæ кард цы цæсгомæй сластай! Арсаг дуртыл æрбагæппытæ кодта былмæ. — Йæ хæдзар фехæлæд йæхи фæндиаг Хъобайæн. Лæхъы- быдырæй рацыдыстæм уыцы фæлладæй. Нæ дуртæ акалдтам, мидæмæ бацыдыстæм, æмæ хæдзар уазал смаг кæны. Нæ- дæр — ус, нæдæр — мад. Уый мын цырагъ æмæ кард мæ къухты фæсагъта, ды, дам, Нартыдонæй кæсæгтæ сдав, æз, дам, искуы ронг рацагурон. Зæгъгæ йын кодтон, кæ- сæгтæ сæ тæккæ дауыныл сты, куыд дын дзы сдавон, æмæ мыл йæ тæрттæ ма сцæгъда. Нартыдон, дам, кæсæгтæй быр куы у, уæд, дам, дзы дыууæ лæгæн æхсæвæрваг сдав- дзынæ, уымæй бæстæ фесæфдзæн! — Цæугæ кæцæй ракодтат, зæгъыс?
140 Хуыгаты Сергей — Лæхъыбыдырæй уартæ. — Цы ми дзы кодтат? Арсаг хæстæгдæр балæууыд Фарнæгмæ. — Уалæ, дам, дзы Æхсæртæггаты Сослан цы дур ссардта, ахæм дуртæ бацагурæм æмæ, дам, мах дæр Сосланы карды хуызæн кæрдтæ рацæгъдын кæнæм Куырдалæгонæн. — Æмæ дзы ссардтат? — Агурæм дзы. Бон-изæрмæ сæ ратул-батул ^кæнæм, изæры дзы фæйнæ къæссайы дзаджы рантъухæм. Йæ уынг дурæй байдзаг и, чи йын бакæса йæ уынгмæ, уый зæгъдзæн, ай гæнах амайынвæнд скодта, — бахудти Арсаг. — Æмæ ма сæ ды та уыдонмæ цæмæн ныххæссыс? — Нæ зонын. Иу ранмæ уал, дам, сæ калæм, стæй, дам, дзы равзардзыстæм. — Уагæры цы хуызæн дуртæ рахæссут? Ам нæхимæ нæй ахæм дуртæ? — Нæ зонын, кæд ам дæр ис, уæддæр. Абон дзы цыдæр æнахуыр дуртыл бамбæлдыстæм. Уæззау æмæ зыланггæнаг. Рагсом хъуамæ æфсæн мæцъис æмæ дзæккор ахæссæм. Хъуамæ сæ фехалæм, кæддæра мидæгæй куыд сты. Лæг- мæ иу дзæбæх кард куы бафтид. Хорз кардæй хуыздæр цы и! — Хорз кардæй хуыздæр — хорз цард! Гъа уæдæ, ацу, афонмæ дæм Хъоба æнхъæлмæ кæсы. Арсаг йæ кæсæгты къæрта систа. Æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. Фарнæг цалдæр къахдзæ- фы акодта æмæ æрлæууыд — фæстæмæ акæса æмæ, Арсаг куыд фæцæуы, йæ цырагъ куыд фæхæссы, уый фена. Акаст æмæ уартæ лæууы Арсаджы рухс, алæууыд ма уыцы æнæзмæлгæйæ ноджыдæр, стæй фезмæлыди рухс, æмæ фæцыд йæ хъæр Арсагæн: — Фæлæуу-ма, уо Фарнæг! — Цы кæныс, Арсаг? — Хъæуыс мæ. Арсаг йæхæдæг нæ зынди цырагъы рухсмæ æмæ афтæ каст — цырагъ йæхæдæг æрбацæуы. Уæдмæ æрбахæццæ и рухс æмæ сæ дыууæйæ дæр йæ быны æрбакодта. Фарнæг уæлæмæ касти рухсмæ, уыдта — хъабыгътæ цъысцъысгæнгæ судрынц, фæйнæрдæм лыстæг стъæлфæнтæ калынц, æнкъардта сын сæ адджын тæф æмæ йæ адджынæн улæфыд.
Нарты Фарнæг 141 — Дзур, Арсаг, кæннæуæд дæ рухс ахуысдзæн æмæ ма талынджы куыд дзурдзынæ. — Мæ дзуринагæн талынджы æнцондæр уаид йæ дзу- рын. — Арсаг фæлæууыд, ныуулæфтытæ кодта, цырагъмæ скасти. — Мæ зæрдæ адзæгъæл, æмæ ма цы ми бакæнон, уымæн ницыуал зонын. Куыстмæ дæр нал тасы мæ къух, æмæ мæ хæдзар заууатмæ æрцыди. Аимæ дæр уымæн сбæндæн дæн, а Хъобаимæ. Уыцы дуртæ ратул-батул, æмæ рахæсс- бахæссыл ирхæфсын мæхи. Æнцондæр мын у. — Чи у, кæй фæдыл адзæгъæл и дæ зæрдæ? — фæрсы Фарнæг хъазгæмхасæнты. — Адоны чызг мæнæ, чынты. — Сæ быны рæсугъд чызг? Гъæй, дæ бонæй уай, Алæ- гаты Арсаг! Æмæ кæм бамбæлдтæ чынты рæсугъдыл? — Кæм ыл хъуамæ бамбæлдаин, куы никуы вæййы, уæд! Уым æй сæхи дуармæ федтон цалдæр хатты. Майрæмбо- ны йын хъазт нæ саразынц йæ чындзытæ ’мæ йе ’фсымæр- тæ, йæхи аирхæфсыны тыххæй. Æмæ уыцы хъазтмæ ба- цыдтытæ кодтон. Уый йæ цæстытæ зæхмæ куы ’руадзы æмæ афтæмæй куы рацæйкафы! — Арсаг йæ сæр ныттылдта æмæ ныуулæфтытæ кодта. — Стæй куы ныззилы! Дæт- тæй, мæ туг ныккæла! — Зилгæ та цæмæн ныккæны? — Лæппу йæ разы йæ къахфындзтыл куы алæууы, уæд ын размæ акафæн нал вæййы æмæ ныззилы. — Ды никуы ракафыдтæ йемæ? — Нæй. Мæ ныфс нæ бахæссын. Куы ныззилы, уæд мæм цыдæр ныфс фæзыны, фæзæгъын — агæпп кæнон. Фæлæ — нæй, нæ та агæпп кæнын. Æмæ та стæй мæхи фæсмонæй бахæрын — цæмæннæ агæпп кодтон?! — Æмæ ныр куы агæпп кæнис, уæд истыгар сарæхсис? — Уымæй тæрсын, уымæй — куы нæ сарæхсон. Æндæра ницæй тыххæй ныллæууин æнæ агæпгæнгæ. Ныр мæ уар- тæ Мæйгæс Къахнæрмæ ардауы, иу æртæ фысы, дам, ын ныббæтт æмæ, дам, дæ кафын сахуыр кæна. Æмæ йын хъуамæ радтон. Уыимæ чи нæ акафа, уый мæрдты цы радзурдзæн! — Къахнæр дзæбæх кафы? — Мæйгæс мын дзы æппæлы. Æз æй никуы федтон кафгæ.
142 Хуыгаты Сергей — Хъоба дæр дзы скафы? — Куыннæ дзы скафы! Хъоба дзы тынг скафы. — Зилæхурæимæ дæр скафы? — Уæдæ! Æрмæстдæр уыимæ фæкафы. — Æмæ арæхсы истытæ? — Цæмæннæ! Йæ фæрсты бахъылиппытæ кæны, стæй йæ разæй куы фæвæййы, уæд æм йе ’ргом фездахы æмæ уæд та фæстæмæ ахъылиппытæ кæны. Фарнæг ма йæ цæмæй бафарстаид Арсаджы, уый нал зыдта æмæ æрлæууыд, æмæ та йæхæдæг райдыдта Арсаг: — Ацы дуртæй мæ бæрæг куы базонин, уæд мын æнæ бацæугæ нæй Къахнæрмæ. Куыддæр мын истытæ ацамын- дтытæ кæна, афтæ айтæ-уыйтæ нал фæкæндзынæн, фæлæ асæррæтт ласдзынæн, цы уа, уый уæд. Бахъавдзынæн, бахъавдзынæн æмæ, куыддæр йемæ чи кафа, уый фæсте аззайа, афтæ мæхи фехсдзынæн, фыццаг уал мæ къахфын- дзтыл алæудзынæн, стæй ныззилдзынæн æмæ... — Уым фæлæууыд Арсаг æмæ йæм Фарнæг хъусыныл фæци. Цымæ уый фæстæ та цы ми кæндзæн, куы ныззила, уый фæстæ? Цымæ та нæуæгæй йæ къахфындзтыл алæудзæн, æви сиргæ акæндзæни Зилæхурæйы фæстæ? Фæлæ ахæмæй шщуал загъ- та Арсаг. Æввахсдæр балæууыд Фарнæгмæ. — Дæ зæрдæ мыл ма бахудæд, кæй дæ раздæхтон, уый тыххæй, нæ, Фар- нæг? Мæ хъалæй дæ нæ раздæхтон. Мæ сæрæн ма уыцы иу хос зыдтон — дæуæн ракæнон мæ хабар. Дæуæй хуызх- дæр мæ ничи бамбардзæн. Стæй, кæд Хуыцау зæгъа, уæд мын минæвар дæр ды куыд фæцæуай. Стæй аздæхт Арсаг æмæ ацыди. Фарнæг лæууыд æмæ йæ фæстæ каст. Йæхæдæг нал зынд, фæлæ ма йæ цырагъ стъалыйау æрттывта æмæ гыццылæй-гыццылдæр кодта йæ цырагъ дæр. Стæй бынтондæр батади цырагъы рухс дæр. Уæн æмæ Уæрхтæнæджы ныхасгæнгæ баййæфта. — Стæй уæд тæрсын фæтк нæ уыди, нæ. Нæртон лæ- гæн худинаг уыди тæрсын уæд, — цыма йæ ныхасы кæрон æлхынцъ кодта, уый хуызæн хъæрæй загъта Уæрхтæнæг. Фæлæ та йæ бафарста Уæн: — Сæ уæрмы бирæ фæдæ? Уæрхтæнæгæн йæ уæззау улæфт фæцыд. — Æхсæз боны æмæ дзы æхсæз æхсæвы банымадтон, стæй мæ цæстытæ тартæ кæнын байдыдтой, æмæ мын схæц-
Нарты Фарнсег 143 цæ сты. Уыдон кæй дæргьæн бонтæ æмæ æхсæвтæ уыдысты! Ноджы мæ бæхы тæригъæд! Йе ’нкъард цæстытæ-иу мыл куы æрхаста, стæй-иу уыцы зæрдæхалæн уастæй куы ныу- уасыд! Хорз уыд, æмæ йæ систой цыппæрæм бон. — Куыд æй систой? — Бæндæнтæ æруагътой, мæхæдæг ын сæ йæ бынты аластон, бабастон ыл сæ, æмæ йæ систой. Гыццыл мын фенцондæр, бæхы тæригъæддаджы уасынмæ нал хъуыстон. Фæлæ сыдæй мардтæн æмæ дойныйæ. Ноджы нæ хæдзары куывд уыди — уый-иу куы æрхъуыды кодтон, уæд-иу бынтон æрцыдтæн мæлынмæ. Æмæ æваст фæхъæр кодта Уæн: — Гъомæ нал лæууыдысты сæ куывдыл! Уæдæ ды сæфгæ фæкодтай, уыдон та — куывд! Æмæ йыл Уæрхтæнæг бабустæ кодта йæ иугæндзон са- быр хъæлæсæй: — Дæ мæрдтыстæн, цы хуызæн лæг дæ! Уæдæ уазджы- тæ куы æрæмбырд сты, уæд сын афтæ загътаиккой, нал куывд кæнæм, нæ хонæг нал æрыздæхт æмæ?! Къæсæрæй сæ аздæхтаиккой?! Уæд худинагæй тарсти алчи, худинагæй. Ныр дзы ничиуал тæрсы худинагæй, уыййеддæмæ уæд — гъей, лæппу! — Гъомæ уæдæ уыдон цæмæннæ тарстысты худинагæй, айгуыртæ?! — Куыйтæ сты ’мæ уымæн! Æмæ барызти Фарнæджы зæрдæ Уæрхтæнæджы фæс- таг ныхасæй. Цал хатты радзырдта нарты æмбырды — æвзæр адæмтæ нæй. Цал хатты бацыди быцæуы — æвзæртæ рацæуы адæмæй, фæлæ адæм æнæхъæнæй æвзæр уой, уый гæнæн нæй. Уымæн æмæ адæмты иууылдæр Хуыцау сфæл- дыста æмæ сæ адæмтæй сфæлдыста. Фæлæ иугæр адæм тугхор куы уой, туг куы хæрой, адæймаджы туг, гыц- цылæй-стырæй, уæд цы хуызæн адæм сты! Туг чи хæры, уымæй ма хорзæй зæгъæн цы ис?! Фарнæг сонт бадт ракодта йæ уаты, йæ сæр ныууыгъта æмæ та фæстæмæ сонт уагъд акодта йæ уæнтыл йæхи. Æмæ кæд Хуыцауы æвастæй райдыдтой туг хæрын, уæд сæ куыд нæ фесафы Хуыцау?! Цы боны хорзмæ ма кæсы! Фæлæ сын кæд йæхæдæг бацамыдта туг хæрын Хуыцау?! Уæрхтæнæг æмæ Уæны ныхас нал хъуысти Фарнæгмæ.
144 Хуыгаты Сергей Йæхи ныхас æм хъуысын байдыдта, йæхæдæг куыд ныхас кодта йæхиимæ, уый. Кæм ис Хуыцау æмæ йæ бархъомыс кæуылты æххæссы? Ау, кæд дуне уый сфæлдыста, стыр Хуыцау, уæд хъуамæ уый дæламынды уа дуне æгасæй, хъуамæ йыл йæ бон цæуа. Уæдæ уый гæнæн куыд и, æмæ дуне сфæлдиса, стæй йыл йæ бон мауал цæуа! Фæлæ кæд мыййаг иннæрдæм рауади хъуыддаг? Кæд адæм сæхæдæг сфæлдыстой Хуыцауы. Сфæлдыстой йæ æмæ йæ дæлбар балæууыдысты, уымæн æмæ дæлбар лæууын уарзынц адæм. Æнæуи цудгæ кæ- нынц, дæлбар куы нæ лæууой, уæд. Æмæ уæд, æвæццæгæн, Хуыцауæй стырдæр ницыма сфæлдыстой адæм, сфæлдыстой йæ æмæ йын кувын райдыдтой. Æмæ уый дæр раст у, цымæ? Сфæлдис æй — æрхъуыды йæ кæн, стæй дзы фæтæрс æмæ йын кувын райдай! Уыцы хъуыдытæ йын йе ’нцой фæсырдтой Фарнæгæн. Æрфæндыд æй, бон куы æрцæуид. Æмæ та-иу, дуары фар- смæ цы цыппæрдигъон фæрссаг уыд, уымæ бакаст. Боны рухс ын куы нæ баххуыс кæна, уый йæ куы нæ фервæ- зын кæна уыцы æнæкæрон-æнæфæуд хъуыдытæй, уæд æхсæв — ницы. Ам хуры рухс хъæуы. Мæйы рухс но- джы знæт кæны хъуыдытæ, разæнгард сыл æфтауы. Фæрссаг гæзæмæ хицæн кодта къулæй, æндæр нæ — гыццыл фæлурсдæр дардта. Уæддæр æмбæрста Фарнæг — рæхджы æссæ райдайдзæн, хъæу базмæлдзæн. Уый дæр фестдзæн, сæ сæгътæ рауадздзæн æмæ та сын сæ Са- гинæ радуцдзæн, сæ сыхаг Дургомы чызг. Æмæ та йæ цъæх цæстытæй худдзæни Сагинæ, уалдзæг йæ цъæх æр- дузтæй куыд фæхуды, афтæ. Йæ фезмæлдыл та цæст нæ хæцдзæн. Сæ гуымбыл сын афæрсудздзæн, стæй йæ афтæ фæуадздзæн — цалынмæ ахсгæ кæна гуымбыл, уæдмæ уал сæхимæ ауайдзæн. Сæхи фос дæр уымæ кæсы. Мад æнæфæразгæ хæссын байдыдта а фæстаг рæстæджы. Бирæ хотæ — кæстæртæ, амæй-ай къаддæр. Дургомæн йæхи арс ныцъцъæл кодта, гуыбырæй баззади. Цуаны ма фæцæуа, уымæн нал у. Афтæмæй цы цуанон уыди! Цуан та æрсытыл кодта æрмæст. Сæ лæгæттыл сын зылди. Ми- дæмæ-иу сæм бабырыд хуыггомыл, йæ галиу цонгыл-иу йæ нымæт цæнгдарæн бакодта, йæ рахиз къухы ставд æнгуылдзтæ-иу йæ цыбыр карды фистоныл æрбатыхта.
Нарты Фарнсег 145 Дзырдтой-иу ын, уымæй хистæр чи уыд, уыдон: арсимæ кæрдо цæгъдынæй куы хизынц сæ кæрæдзийы адæм, уæд ды хъæбысæй кæдæм хæцыс æрсытимæ?! Ахæм арсы ахæ- сты бахаудзынæ, æмæ дæ хъæдхъиутæ дæр нал сæмбæл- дзысты дæ мæгуыр хæдзарыл Дургом-иу худти. Йæ тъæ- пæн дæндæгтæ-иу байгом сты, йæ бинаг æфсæр-иу размæ рахæцыд худгæ-худын йæхиуыл, æмæ-иу афтæ зынд — мæстæй сæ мары лæгты. Афтæмæй иу æрæгвæззæг, рæгътыл мит дзæбæх æрхæ- цыди, афтæ фæдис ма фæцæуа, Дургомы, дам, арс ныцъ- цъæл кодта. Фæдисы уый дæр уыди, Фарнæг дæр. Лæгæт- мæ балæсæн нал уыд — ныккалди, цы хуызы ныккалди, уый не сбæрæг. Февнæлдтой йæм къахынмæ. Тугызмæстæй сæ баййæфтой лæгæты арсæй-лæгæй. Арс мард уыд — æмæ арсы хуызæн арс уыд — къамбец ницы уыд йæ цуры. Фæлæ лæг дæр мæнæ-мæнæ удыгæстæй нал уыд. Тымбылтæй баззади арсы хъæбысы, цыма йе стджытæй дыууæ кæрæ- дзиуыл нал хæцыд. Бынтон диссаг та уый фæзынд фæди- сонтæм, æмæ йæ галиу цонг Дургомæн йæ рæбынмæ кæд нæ баззади арсы хъæлæсы тъыстæй. Бирæ фæархайдтой йæ рафтауыныл — нæй, ницы йын баци сæ бон — æфсæр- тæ йыл ауадысты, æмæ йын цалынмæ йæ сæр нæ ракодтой арсæн, стæй йын йе ’фсæрты нуæрттæ не суагътой, уæдмæ ма цонгæй исты баззади йæ уæлæ, уый дæр ничи зыдта. Лæджы сынтыл æрхастой. Арсы та галгуыфы æрластой. Ныр сæ сисгæрон иу тымбыл дурыл фæбады, йæхæдæг дæр батымбыл вæййы æмæ дардмæ афтæ фæзыны, цыма иу дур иннæ дурыл сæвæрдæуыд. Фæбады æмæ уæлæмæ фæкæсы хæхтæм. Хаттæй-хатт йæ дыууæ русыл дыууæ тымбыл цæссыджы æртулы æмæ дуры рæбын сæ тъæпп фæцæуы зæххыл. Дургом сæм йæ хъус не ’рдары. Чи зоны, зонгæ дæр нæ бакæны, йæ цæссыгтæ æрхъуызыдысты, уый. Мæгуыр у, цуаны цы цуанон нал ацæуы, уый. Иу мæ- гуыр йæхæдæг у, дыууæ мæгуыры — йæ хæдзар. Къæбæр дæр сын Сагинæ ракæны. Уый — бонрæфты. Уыцы дзæбæх сæ сфыцы æмæ сæ гайлайы фæйнæгыл кæ- рæдзи уæлæ бакъул кæны. Хæдзары кæрдзыны тæф ахъары. Æрцардта сæ Сагинæ... — Гъæ, тæхуды æмæ ма йæ хъару иу бон уæддæр кæмæ раздæхы! — æваст æрцыд йæ хъустыл Уæрхтæнæджы 10 Хуыгаты Сергсй
146 Хуыгаты Сергей уæззау уынæргъын. — Адонæй мæ маст куы никæцырды- гæй райсон, уæд мæ мæрдтæм ницы фæхæццæ уыдзæн. Стæй та Уæны ныхас æрцыд йæ хъустыл: — Мæнæ æз куы сдзæбæх уон, уæд сæ дæ маст дæр райсдзынæн æмæ мæхи маст дæр. Æмæ йæ уаты базмæлыди Фарнæг — уæдæ нырма ны- хæстæ кодтой Уæрхтæнæг æмæ Уæн, уый сын хъусгæ нал кодта сæ ныхас, æндæра... Йæ хъуыдыты фæдыл адзæгъæл и æмæ ма сын куыд хъуыстаид сæ ныхас хъуамæ! Кæсыс — цы ныфсытæ æвæры Уæн?! Уый хорз у, ныфсытæ кæй æвæры, уый. Йæ уæнгтæ фидар байдыдтой. Рацъæхсиаг и. Йæ бæрзæй батымбыл, йæ хурхы нуæрттæ разындысты. Хæрын дæр дзæбæх райдыдта. Раздæр-иу йæхимæ дæр нал æрцыд хæрын Фарнæгæн, фынгыл-иу æй уыцы мæтъæлæй æрбадгæ куы федта, уæд. Ныр æм кæс, æмæ та дзидзайы хайыл йæхирдæм бахæцы. — Кæннæуæд та сыл зарæг скæндзынæн, худинаджы за- рæг, адæймаджы туг куыд хæрынц, сæ фæндæгтыл уæрмытæ куыд къахынц, æнæуи та æнæгъдау кæй сты, цалдæргай устытæ куыд дарынц... Æмæ Уæрхтæнæджы зæрдыл æрбалæууыдысты, ахæсты кæмæ уыд, уыцы айгуырон Сæиппы бинонты хабæрттæ, афтæ хорз æрбалæууыдысты æмæ ма дис дæр бакодта Уæрхтæнæг. Æхсызгон ын мæнæ-мæнæ нæ уыд, лæгæн исты мысинаг куы ’рбалæууы йæ зæрдыл, уæд ын куыд æхсызгон вæййы, афтæ — йæ зæрдæ сæ цъæх уыди нырма айгуыртæй. Зонгæ сæ хорз кодта Сæиппы бинонты хабæрт- тæ. Уал æмæ уал азы дæргьы сæ куырм æмæ къуырма куы базыдтаид — уый та хъусæй дæр хорз хъуыста æмæ цæс- тæй дæр хорз уыдта, Уæрхтæнæг. Æхсæз усы йын уыди Сæиппæн. Æхсæзæмы æрæджы æркодта, Хоминæйы. Æнæуи йæ хонгæ Хонæ кодтой. Æгæр æвзонг уыди Хонæ Сæиппæн. Йæхицæн, Хонæйæ хистæр чи у, ахæм цæуæт уыди йæ хистæр устытæй. Æмæ иннæ устыты нæ фæндыди, куы йæ æркодтаид, уый — сæхæдæг фаг нæ уыдысты! Æнæуи йæ тæккæ чындздзон кармæ бахæццæ и Хонæ. Ноджы алцæмæй — æххæст. Йæ рæзты-иу кæмæн ахызт нæлгоймæгтæй, уый-иу йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. Уæд уыцы гуырвидауцæй кæдæм хауди Сæипмæ! Фæлæ сæм сылыстæг фарстайы нæ уыд айгуыртæм. Загътой йын,
Нарты Фарнæг 147 Сæипмæ фæцу, æмæ фæцыди. Æндæр искæмæй йын куы загътаиккой, уæддæр æм фæцыдаид. Æхсæзæй дæр иу хатæны хуыссыдысты йæ устытæ Сæиппæн — уæдæ сын уал хицæн хатæны кæцæй æрхастаид! Сæ уæттæ куыд хистæр, афтæ рæбындæр уыдысты, æмæ Хонæйы уат раст дуаргæронмæ æркуырдта. Æмæ-иу фæ- сахсæвæр устыты хистæр Сылыхъмæт цырагъ куы афу кодта, æмæ-иу устытæй алчи йæ уаты куы бакъул, уæд-иу Сæипп гуыбыр-гуыбыр йæхи Хонæйы уатмæ ныййиста къæсæргæронмæ. Иннæтæ-иу сын фондзæй, ныссабыр сты, афтæмæй хъуыстой сæ хуыссæнты сыбар-сыбур æмæ се змæлдмæ. Стæй-иу сæ æмуд æрцыды улæфт куы нæ рай- хъуыст Сæипп æмæ Хоминæйæ, уæд-иу цин кодтой сæхи- мидæг, сæ къах-иу сыл æркъуырдтой — гъæ-гъи! Афтæ алы æхсæв дæр. Уыцы бон Уæрхтæнæг æддæ уыди — йæ къухтæ бас- тæй-иу æй искуы-иу хатт ракодтой, хур-иу куы уыди, уæд æмæ-иу æй, агъуысты фисыны цы дурдзæджындз уыд, уымæ бабастой. Æмæ-иу сулæфыд Уæрхтæнæг — уыцы талынг ранæй, уыцы сымæр уæлдæфæй æддæмæ раирвæз! Гъемæ иу ахæм зымæгон бон Хонæ холлагдонмæ куы бауаид йæ тæнæг къабайы. Æвæццæгæн ын йæ хистæр æмыджыртæй исчи бацума кодта, ома, дæлæ ма рæуæдтæн иу холладжы бындзыг баппар сæ размæ. Уæдæ йæ æндæр цы хъуыддаг уыд холлагдоны! Уыцы рæстæджы сæ сыхæгты куырæф- цæг лæппу цæхæрадонмæ цæмæдæр рауад. Хонæйы хол- лагдонмæ бахизгæ куы федта, уæд йæ цæстытæ хæцаг галы цæстытау асырх сты, афтæмæй кауы сæрты басæррæтт ласта æмæ холлагдоны смидæг. Холлагдоны фæтæн дуар. йæхи уæзæй гом кодта. Куырæфцæг æй йæ фæдыл бæргæ бах- гæдта, фæлæ уайтагъд рахæцыд фæстæмæ дуар æмæ рай- гом и. Уым мидæгæй рацахста Хонæйы, йæ тæрттæ йын фегом кодта, стæй сæхи холлагыл ауагътой, æрмæст ма сын сæ зæнгтæ уыдта Уæрхтæнæг. Уæд ма йæхæдæг дæр лæппу уыд Уæрхтæнæг æмæ сын нæ бафæрæзта сæ зæнгты змæлдмæ кæсын. Йæ бастыл иуварс ахæцыд æмæ азылд. Азылд дурдзæджындз алыварс, къухцæг мусы къæбæлы алыварс куыд азилы, афтæ. Зылди æмæ зылди, иу ран æрлæууа, æрсабыр уа, уый йæ бон нал уыди. Уый фæстæ, куыд вæййы, афтæ тымбыл кæнын бай-
148 Хуыгаты Сергей дыдта Хонæ. Æмæ-иу æм кæсынтыл фесты, цы — устытæ, цы — лæг йæхæдæг. Устытæ-иу сæ роцъотыл сæ къухтæ æвæрдтой, афтæмæй-иу кæрæдзийы цæстæнгасæй фарстой — цы сæмбæлд ацы быны чызгыл, алы ’Хсæв æм сæ хъус куы дардтой æмæ се ’хсæн куы ницы ’рцыди лæгимæ, уæд?! Сæипп та йæхимæ мæсты кодта — уæдæ куыднæуал хъуыды кæны, кæцы æхсæв æрцыд уыцы хъуыддаг, уый?! Ахæм ми бакæнай æмæ дæ ферох уа! Æмæ та-иу йæ тымбыл гуыбыныл йæ тъæпæн æрмттæ æрхаста Хонæ, цыма устыты фыдæнæн афтæ кодта, уый хуызæн... — Иу дзæбæх зарæг сыл скæн, уæд сын бæрæг уаид, — дзуры хъæрæй Уæн. — Зарæг хорз у, фæлæ дзы маст исгæ никуы федтон зарæгæй æмæ дын цы зæгъон, — дзуры хъæрæй Уæрхтæ- нæг дæр. — Ахæм зарæг, æмæ сыл тутæ куыд кæной фæстагæт- тæ, — ноджы хъæрдæрæй загъта Уæн. — Ту зæрдæ фæуæд! — фехъуысти та Уæрхтæнæджы хъæлæс дæр. Æмæ йæ афтæ бамбæрста Фарнæг: дзурын дæр æм нал цæуы, стæй Уæны ныхæстыл дæр не ’ууæнды. Кæм и ахæм зарæг, æмæ Уæрхтæнæджы маст кæмæй ссæуа?! Æмæ та фæрссагыл йæ цæстытæ æрхаста Фарнæг. Фæрссаг зына-нæзына урс дардта талынг къулы уæлæ.. Æмæ фæфæнд кодта Фарнæг — сыста, йæ пысултæ скæна æмæ æддæмæ ацæуа, уартæ мустырдæм базила, абæрæг кæна мустæ. Мæйы тымбыл цæстæн йе ’рдæг нæ зынди — цыдæр сау дæргъæццон мигъы уадздзаг ыл йæхи баныхæста æмæ, дæ риссаг цæст куыд бабæттай, афтæ зынди. Хъæу кæм рухсдæр уыди, кæм — талынгдæр. Мустæ дæр йæ талынгдæр хайы аззадысты хъæуæн. Æмæ та мæймæ скасти Фарнæг. Раст уыцы рæстæджы йæ хъустыл æрцыд бæхы къæх- тыхъæр. Фæкаст æмæ дæлæ Тæрийы фаззæтты куырда- дзы рæзты æрбацæуы иу бæхджын — куырдадз мæйрух- сырдыгæй уыди æмæ дзæбæх зынди бæхджын. Йæ цæф- хæдты хъæр йæ фæстæ зади æмдзæгъдгæнæгау. Дæлæ уыдоны фездæхæнмæ схæццæ и. Чи уа? Фарнæг йæ раз- мæ ахызт. — Кæцы дæ?
Нарты Фарнæг 149 Бæх цæхгæр фæлæууыд. — Елтагъан дæн. Лæппуйæн цыдæр цауд хъæлæс уыд, æмæ йæ зæрдæ барызт Фарнæгæн. Уæдмæ йæ бæхæй рахизæрдæм æрхызт Елтагъан. — Цы хабар у?! — Арсаг... Нал и Арсаг. — Чи нал и?! — сонтæй афарста Фарнæг. — Арсаг. Нæхи Арсаг. — Куыд нал и? — Амарди. — Куыд амарди? — Чидæр æй амардта. — Куыд æй амардта, æмæ нырма æрдæбон кæсаг ахсынмæ куы уыди, далæ Æхсæртæггаты зæронд куыройы бынаты! Дæлæ, дам, Хъоба, Чынты Хъоба, дам, дæлæ... — цы дзырдта ’мæ цæмæй фарста, уыдон нал æмбæрста Фарнæг. — Гъа, сбад бæхыл. Æз дæ фæсарц абаддзынæн, æмæ цом. — Кæдæм?! — Кæм æй амардæуыд, уырдæм. Æмæ нызмæлыд йæ зæрдæ Фарнæгæн. Йæ æрмттæ йæ цæсгоммæ схаста, бамбæрзта сæ йæ цæсгом æмæ ныу- уынæргъыдта: — Уæ, быныдзæрæг куыд фæци дæ мæгуыр хæдзар, гъе, Арсаг! Стæй сбадтысты бæхыл, æмæ фæуырдыг кодта бæх. — Мах цуаны цæуинаг уыдыстæм Цатыбæрзондмæ æмæ, æзын, ме ’мбæлттыл азилон. Райхъал сæ кæнон, æзын. Афтæмæй йыл бамбæлдтæн. — Кæм ыл бамбæлдтæ? — Далæ, бæхвæндаг нымæткъуы къохмæ кæм базилы, уыцы ран. Фыццаг афтæ фенхъæлдтон — чидæр фæрасыг æмæ бафынæй. Бæхæй æрхызтæн, æмæ — Арсаг. Æрæв- нæлдтон æм, æмæ мæ къухтæ туджы атъыстон. Æмæ уæд дæумæ рацыдтæн. Ныр ын æй йæ мадæн куыд зæгъдзыс- тæм?! Чи йæм æй бадзурдзæн, куыд æм æй бадзурдзæн?! Уый чындзæхсæвмæ цæттæ кодта йæхи... — Елтагъан дзырдта, фæлæ йæм Фарнæг нал хъуыста: йæ цæстытыл уади Арсаг: рухсы бын лæууы — хъабыгътæ цыренæй судзынц уыцы тымбыл бастæй æмæ фæйнæрдæм стъæлфæнтæ
150 Хуыгаты Сергей ’ппарынц, сæ адджын тæф кæлы хъабыгътæн. Æмæ дзуры Арсаг: «... бахъавдзынæн, æмæ куыддæр, йемæ чи кафа, уый фæсте аззайа, афтæ мæхи фехсдзынæн æмæ мæ къах- фындзтыл алæудзынæн, стæй ныззилдзынæн æмæ...» Стæй, куы ныззила, уый фæстæ та цы ми бакæндзæн, уый нал загъта. Æмæ йæ никуыуал зæгъдзæни, йæ бæс- ты йæ чи зæгъа, ахæм дæр ничи ис ацы дунейы. Æмæ тъымы-тъыматæм æнæ загъдæй баззайдзæн, цы зæгъи- наг уыди, уый. — Куыд ын æй зæгъдзыстæм, куыд æм æй бадзурдзыс- тæм?! — хъуысы та Елтагъаны тыхст хъæлæс. Бæргæ исты йæм сдзур, уæд хорз уаид, фæлæ йæм цы сдзура, уымæн ницы зыдта Фарнæг. 11 Раджы уыди уый, тынг раджы. Уæд Нартæ ам нæма цардысты. Адæмыл рын сыстад, хъæутæ æдзæрæг кодтой, хъæууæттæй задысты. Уæд, дам, Хуыцау дыууадæс зæды рарвыста — цæут, сын загъта, æмæ мæм бæрæг схæссут, уыцы адæм цы кæнынц, уымæй. Зæдтæ сæ базыртæ бацагътой, ныппæр-пæр кодтой æмæ зæххыл балæууыдысты. Фæлæ фæцу æмæ ма ’рцуйы фæн- даг разынди сæ фæндаг: рын уый бæрц карз уыд æмæ дзы зæдтæ сæхæдæг дæр æрхаудтой. Фæстæмæ ма куыд аз- дæхтаиккой рынчынæй æмæ Хуыцаумæ скуывтой: — Хуыцæутты Хуыцау, не сфæлдисæг Хуыцау, ды ма- хæй дæ, мах дæуæй нал стæм, æмæ нын нывыл бацæуæн- дон æмæ амæлæндон саккаг кæн! Æмæ, дам, арв ныннæрыд уæд æмæ, дам, дуне ныггы- бар-гуыбур кодта æмæ, дам, ацы бæрзонд хохы фахсыл ацы лæгæт февзæрд — дыууадæс дзæнхъа бандоны æмæ дæргъæй-дæргьмæ дзæнхъа тæрхæг. Ныхасы куыд баззади, афтæмæй, ныгæд дæр уым æрцыдысты зæдтæ, уартæ дзы рæбынæй цæхгæрмæ цы тæрхæггонд и, уый бын. Æвæц- цæгæн, чи куыд раздæр марди, афтæ йæ иннæтæ ныгæд- той. Фæлæ цыма уæд æппæты фæстæ чи амард, уый та чи баныгæдта? Уый тыххæй ныцы дзурынц адæм. Æмæ цы дзурой! Зæдтæ уыдысты æмæ зæдты хъуыддæгтæн чи цы бамбардзæн адæмæй!
Нарты Фарнæг 151 Йæ фæстæты та дон цæуы уыцы тæрхæггондæн — иугæндзон нæ цæуы, бон æртæ хатты ракæлы, рагуылф кæны, стæй ны,ччыр-чыр кæны æмæ ныссабыр вæййы, æрмæст ма дзы, иуæй-иу сохъуыр цæстæй цæссыг куыд фæлæдæрсы, афтæ лæдæрсын байдайы æртах æртахы фæстæ. Фыццаг-иу æм кувынмæ цыдысты. Лæгæты раз-иу æрæнцадысты уыцы фæзы, фæкуывтой-иу, фæтабу-иу код- той, адæмы рынæй чи бацарæфтыд уыцы зæдтæн, стæй-иу уым батымбылтæ сты сæ нымæтты уæлæ фæзы мидæг. Фæлæ рæстæджытæ цæуынц — æгъдæуттæ ивынц. Аивта уыцы æгъдау дæр. Ныр дзы æртытæ кæнын дæр байдыдтой мидæгæй — уыцы дзæнхъа къултæ цаддæр раны ала адардгой. Фæлæ диссаг æндæр хъуыддаг у — Фарнæг дзы цал хатты уыди Луанылæгæты, уал хатты йæм фыны æрцæуы иу дар- гъбоцъо лæг, далæ йæ уæрджытæй фæдæлдæр и йæ боцъо. Стæй йын Хуройы боцъойы хуызæн нарæг боцъо нæу, фæлæ — фæтæн, йæхи фæтæнæн боцъо. Æмæ йæ разы куы æрбалæууы Фарнæгæн, уæд цирхъы хуызæн вæййы лæг, æлвæст цирхъы хуызæн. Æмæ акæны Фар- нæджы, дзургæ йæм ницы скæны, афтæмæй йæ акæны — кæнын æй байдайы, кæнын æй байдайы æмæ йæ Сехыхохмæ скæны, уым æй Сехыгоппыл слæууын кæны æмæ йæ уым лæугæ ныууадзы. Йæхæдæг цыдæр æрбавæййы. Æмæ фæлæууы афтæ Фарнæг Сехыгоппыл, куы иуырдæм фæдзой кæны, куы — иннæрдæм, цалынмæ нæ фæцæйхауы уæдмæ. Куы фæцæйхауы, уæд райхъал вæййы. Ныр бадти лæгæты раз Фарнæг. Изæрмилтæ нæма рай- дыдтой, фæлæ хæхтæн сæ ауæттæ кæрæдзийыл бафæл- дæхтытæ сты, æмæ лæгæты раз уыцы тымбыл фæз ауæтты аууон фæци. Уæле, Цатыбæрзондæй рахъазы уадымс, йемæ рахæссы цъитийы сыгъдæг улæфт, хохы рагъыл тулæгау ракæны, цыма фæлвых хосы уылæн у, уый хуызæн, бы- нæй азилы фæзыл æмæ дæлæмæ ауадзы йæхи далæ рæзда- рæнтырдæм. Дард у Цатыбæрзонд. Уырдæм дзæбидырдзуан фæцæ- уынц. Æрмæст Нартæ — нæ. Иннæ адæмтæ дæр æм æф- тынц. Стæй йæм цæугæ дæр иунæджытæй нæ кæнынц — дард фæндаг у, уæззау фæндаг æмæ йыл иунæгæн зын у цæуын. Фарнæг иунæгæй рацыд, Уæны нæ рауагьта, аф-
152 Хуыгаты Сергей тæмæй тынг фæндыди Уæны. Нырма дзы никуы уыди Цатыбæрзонды. Æнæуи дæр цуаны æрæджы райдыдта цæуын нырма, хæрз æрæджы. Цатыбæрзондмæ цæуынæн та фæлтæрд цуанон хъæуы, æнæниз уæнгтæ æмæ фидар уд. Æмæ йыл йæ зæрдæ нæ дары нырма Фарнæг. Зæгъгæ йын афтæ нæ кодта, ай-гьай, æнæуи йæ баурæдта, æз, дам, цуаны цæуын, ды, дам, хæдзармæ дæ хъус дар, мæнæ, дам, Уæрхтæнæджы æнæ хъарм хæринаг ма ныууадз, уæр- тæ, дам, сæгътæм дæр фæкæс. Æмæ ницуал загъта Уæн. Фæлæ гуыбырæй куыд баз- зад, уымæй бæрæг уыд, куыд тынг æй фæндыди Фарнæги- мæ цæуын, уый. Æмæ йын фæтæригъæд кодта Фарнæг. Иунæгæй дæр уымæн фæцæуыныл. Стæй йæм æнæуи дæр диссаг касти, цымæ иунæгæй та куыд у уыцы бæрзонд хæхты ’хсæн? Æнахуыр диссаджы уынæр æм дзы фæхъуысы, лæгæн йæ риуæй йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп куыд хъуысы, афтæ фæхъуысы уый дæр хæхты риуæй — стыр æмæ сабыр, райдиан дæр кæмæн нæй æмæ кæрон дæр,ахæм уынæр. Æмæ йæм, искæйтимæ куы уай, уæд дзæбæх байхъусæн нæй. Се ’дзæлгъæды хъæлæбайы бын æй фæкæнынц. Æмæ йæ тынг фæфæнды Фарнæджы уыцы хæхты æнусон уынæрмæ байхъусын. Сбад искуы иу хибар ран, хъус æмæ хъус. Ныр бадти Фарнæг æмæ хъуыста. Хъуыста хæхты са- бырмæ зарæгмæ хъусæгау. Хъуыста йæм æдзæм-æдзынæгæй æмæ йæ уæнгты куыд лæдæрсти уыцы сыгъдæг сабыр, куыд дзы дзаг кодтой йæ уæнгтæ, уый хатыдта. Иу афон фескъуыд уыцы нæргæ сабыр, фескъуыд иу цæстыфæныкъуылдмæ, æмæ кæм фескъуыд, уыцы тæккæ ран абадти цавæрдæр мырты дзыгуыр — кæмттæ ’мæ рæгъты чи райгуыры, ахæм мыртæ нæ — адæймаджы комæй чи ссæуа, ахæм мыртæ, стæй цыма цыдæр дзырд амыдтой, зонгæ дзырд, æхцон дзырд... Фарнæг, лæугæйæ куыд аззад, уый не ’рхъуыды кодта. Кæм и, уый куы æрæмбæрста, уæд ма былмæ дæр бæргæ бауади, уырдыгæй дæр ма сæм бæргæ айхъуыста, фæлæ — нæй, нал фæзындысты — ацы стыр хæхты ’мæ рæгъты ’хсæн цас айсæфинаг уыдысты уыцы цалдæр мыры! Уæд æрбаздæхт, кæм бадти, уырдæм, йæ нымæт айтыгъ- та йæууыл æмæ йыл йæхи æруагъта. Æмæ йæ цæстыты раз февзæрди Арсаг: фæцæуы йæ рухсы бын. Фæцæуы,
Нарты Фарнæг 153 йæ рухс къаддæрæй-къаддæр кæны, стъалыйы йас сси йæ рухс æмæ, куыддæр стъалыйы йас сси, афтæ йын йæ рухсмæ ауыдта Арданæйы, Арсаджы мад Арданæйы. Йæ къухы даргъ хъил, сæ дуар сын уымæй ныххостаид, уæдæ йæ къæрцц-къæрцц цæмæй ссыдаид æндæр дуарæн! Арсаджы фæстæ бафтыд уыцы хъилыл, йæ къухæй йæ нал уадзы. Фарнæг йæхæдæг рауади йæ размæ, æрчъитæ куыд рæхсадта, афтæ цонгсчъилæй. — Арданæ куы дæ! — дзуры йæм Фарнæг. — Чи дæн, чи?! — йæ былтæ цыдæр æнæввæрсон зы- лынæй баззадысты усæн, йæ рахиз цæсты гагуы цыма йæ бынатæй иртæсгæ фæкодта, цыма йæ астæу нал и цæстæн, фæлæ цыма цæсты кæронмæ аввахс и — цыдæр тас æф- тыдта адæймагыл. Уынгты уыцы хъазуатæй ракæс-бакæс кодта. Уæрхтæнæджы ауыдта — сисгæрон бадт æмæ къæлæт арæзта. Ус æм йæ лæдзæгæй ацамыдта: — Уый та уын чи у уæртæ? — Уæрхтæнæг у, — загъта мынæг хъæлæсæй Фарнæг. — Чи у, зæгъыс, чи? — йæ цæсты гагуы бынтондæр цæсты кæрон абадти сылгоймагæн. — Уæрхтæнæг, мæ фыдыфсымæр, — загъта хъæрæй Фарнæг. — Уый иу Уæрхтæнæг дæр нæу æмæ иннæ дæр, фæлæ дæхицæн сбад. Уæртæ æнæхицау лæг у, дæ фæлмæн дын базыдта æмæ дæ цæрдхæрæджы хæры. Уæрхтæнæг — уæдæ!.. Æмæ хъуыды кодта Фарнæг: йæ зонд кæмæн фæхæццæ вæййы, уыдон хъæрдæрæй дзурын цæмæн райдайынц æмæ хъаердæрæй худын? Иæ фæстаг ныхасмæ йын ницуал загъта, цыма йын æм загътаид! — Цæй, уый цы фæнды кæнæд, — йæ лæдзæг ариуыгъта Уæрхтæнæджы ’рдæм Арданæ, стæй йæ йе уæхскмæ абыцæу кодта, анцади йыл. — Сом аллай-биллай кæнæм, Чынты рæсугъды хæссæм, æмæ нæм æрцæут. Афтæ абадын кæн- дзыстæм дывæлдахæй адæмы, — дæлæмæ ацамыдта йæ лæдзæгæй. — Æмæ сæ хъуамæ тулгæ фæкæнæм. Нæ бафæрæзта йæ Хуыцауы цæфæн, фæхæццæ и йæ зонд. Æмæ ма зонд дæр — гъо! Фæлæ уыцы цæст. Иннæ ахæм йæ гуыбыр! Уыцы бæрзонд фидар уæнгтæ, æмæ, цыма
154 Хуыгаты Сергей сæхи мидæг згъæлгæ ныккодтой. Уыцы гуыбырæй куы фæцæйцæуы йæ лæдзæгимæ! Æгъуыссæг кæндзæни — уыцы тас фæзын-фæзын бай- дыдта Фарнæджы зæрдæйы. Сфæнд кодта — мидæмæ ба- цæуа, лæгæтмæ, кæд уым афынæй уаид. Фестад, йæ ны- мæт йæ дæларм акодта, мидæгæй йæ фæсдуар æрытыдта, йæхи йыл æруагъта. Уыцы æхсæв нæ бахастой Арсаджы сæхимæ — куыд æй бахастаиккой! Куыд сын ныххостаиккой сæ дуар! Цы йæм бадзырдтаиккой Арданæмæ?! Уым арт скодтой йæ цуры Арсагæн. Æнафоны арт фæ- дисы арт у. Базмæлыдысты Алæгаты лæппутæ. Уайтагъд сæ фæйнæ фæрссагæй ракастысты хъæуы хæдзæрттæ. Уæд фесхъиудта йæ уаты Арданæ — кæд ын уыцы рухс фæрссæгтæй искæцы фæкомкомммæ ис йæ талынг фæрс- сагмæ. Рагæпп ласта тæрхæгæй, æрмифицаугæйæ асгæр- ста лæппуйы уат. Уат афтид разынд, æмæ йæ къултæ ных- хоста мады зæрдæ. Йæ кæлмæрзæн йæ уæнтыл баппæрста æмæ уынджы балæууыд. Хæдзæртты фæрссæгтæм каст радыгай, йæ мидбынат зылд æмæ зилгæ-зилын бабустæ кодта: — Ныр сын цафон цырæгъты ссыгъд у уыдонæн дæр! — стæй йæ хъæлæс фæсаст, афтæмæй ма бафтыдта йæ ныха- сыл: — Алæма æз Хъобамæ ныууайон, Чынты Хъобамæ, кæддæра кæм и нырмæ нæ лæппу. Æмæ атагъд кодта уынджы дæлæмæ. Хъæуæй куы ахызт, уæд арт ауыдта æмæ йæ мидбынат фæлæууыд, æмæ та бабустæ кодта: — Уæ мæрдтыстæн ахсæвмæ цы ’рхастой цырæгътæ судзын æмæ æртытæ кæнын нæ хъæубæстæ, — дзургæ- дзурын цалдæр къахдзæфы фæстæмæ фæлæууыд æмæ ба- фиппайдта — йæ зæнгтæ тынг ныуæззау сты, афтæ ныу- уæззау сты æмæ ма сæ уæлæмæ исын тыххæй фæрæзта. — Сыджыт уæ бахæрæд, цы зæнгтæ стут! — ралгъыста Арда- нæ æмæ размæ ахæцыд йæхиуыл, дæлæ Чынты фæндагмæ ныххиза æмæ бафæрса Хъобайы. Чи зоны, уым разына, Хъобатæм, Арсаг. Чи зоны йæ нал рауагъта дысон Хъоба, ома, цæмæ ма дзы хауыс уæхимæ, ома, райсом ардыгæй ацаеудзыстæм Лæхъыбыдырмæ. Цыди Арданæ. Фæллади, йæ зæнгтæ тыхист кодта. Уæддæр цыди. Артмæ бахæстæг и æмæ æрлæууыд — цæ-
Нарты Фарнсег 155 мæйдæр тарсти артæй. Ноджы йæ фаллаг фарс артæн иу рæгъæй лæууы цалдæр гуыбыр æндæрджы. Артæй Арда- нæйы ’хсæн та иу чидæр кæд нæ кодта хуысгæ йæ уæйлаг нымæтыл. Фарнæг æмæ Бырсæг йæ размæ бацыдысты дыууæйæ. Æмæ ныдздзынæзта Бырсæг: — Фесæфтыстæм, уо Арданæ, фидар фæлæууыны йед- дæмæ нын ницуал хос и! Арданæ йæ рустæм фæлæбурдта, стæй йæ йе уæхск иуæр- дæм ахаста, азылд йæ уæхсчы фæдыл, лæппутæй дæр æм ничи фæцарæхст æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыди. Фæстæдæр лæппутæ нымæткъуы къохмæ бацыдысты æмæ ма ноджы иу сынт сарæзтой. Æмæ боныцъæхтыл ахæцьщысты дыууæ сынтыл. Лæппуты фæсгæ цыдысты лæггæ, сæ даргъ цæнгтæ афтид æгъдæнцæйттау сæ фæрстыл хъел- лау кодтой. Æмæ та мæнæ уыцы лæг, йæ разы æрлæууыд, цыма йын исчи цирхъ æрсагъта йæ разы, æлвæст цирхъ, уый хуызæн. Æмæ араст и Фарнæг æмæ, куыддæр араст и, афтæ, лæгæн хур бон йæ аууон куыд фæзына йæ фарсмæ, афтæ фæзынди йæ фарсмæ йæ аууоныйас рухс æмæ уыцы рухсыл цыди Фарнæг — рухс дæр цыди, Фарнæг дæр цыди. Сехыхохмæ куы схæццæ сты, æмæ лæг цыдæр куы фæци, уæддæр ма йæ рухс аззади Фарнæджы къæхты бын, ца- лынмæ Сехыгоппыл слæууыди, уæдмæ. Стæй цыдæр æр- баци рухс дæр. Лæууыди Фарнæг карды комыл лæууæгау, иуæрдæм фæдзой кæны æмæ иннæрдæм æрбахæцы йæхи- уыл, æмæ йын æгæр хæст фæвæййы, фæцуды уыцырдæм æмæ та ахæцы фæстæмæ йæхиуыл. Фæлæ цас и ирвæзæн уыцы хъизæмары рараст-барастæй — фæцудыдта æмæ атахти Сехыгоппæй, æмæ кæмæдæр дзуры Фарнæг, дзуры нæ — хъæр кæны йæ тых-йæ бонæй: «Бахъавдзынæн æмæ куыд- дæр, кæимæ кафа, уый фæсте аззайа, афтæ мæхи фехс- дзынæн, фыццаг уал мæ къахфындзтыл алæудзынæн, стæй ныззилдзынæн æмæ...» Æмæ фехъал и Фарнæг. Æвæццæ- гæн ма цы дзырдтаид, уый йын нал уыди æмæ уымæн фехъал и, уыййеддæмæ ма йын цы дзырдтаид, уый куы уыдаид... Гъомæ уæддæр куы ныззылдаид, уæд та цымæ цы ми код- таид Арсаг?! Уый базон — цы ми кодтаид уæд та? Лæгæн йæ мæсыг æрдæгамадæй куыд баззайа, афтæ æрдæгзагъ-
156 Хуыгаты Сергей дæй баззади йæ ныхас. Æмæ афтæмæй баззайдзæн, ничи йæ зæгъдзæн кæронмæ, никæй бон бауыдзæн уый зæгъын. Сыстади Фарнæг æмæ æддæмæ рацыди. Æрдæбон кæм бадти, уым йæхи æруагъта нæууыл. Дуне уыди сабыр, бо- нивайæнты куыд сабыр вæййы, афтæ æмæ ноджы сыгъ- дæг. Бадти æмæ хъуыды кодта Арсаджы ныхæстыл: ныр сæ, цал^хатты хауа Сехыгоппæй, уал хатты хъæр кæн- дзæн?! Йæхæдæг æгас нал у Арсаг, ноджы йын кæронмæ загъд нæ фесты, æмæ сæ ныр, æвæццæгæн, уымæн дзурын кæндзæн уыцы æлвæст цирхъы хуызæн лæг. Æмæ сæ кæд Арсаг дæр хъæр кæнынмæ хъавыди, адæммæ йын куыд фехъуыстаиккой æмæ йын кæронмæ загъд дæр уымæн нал фесты. Æмæ сæ ныр уымæн дзурын кæндзæни, хаугæ-ха- уын — уæд хуыздæр фехъуысдзысты адæммæ. Уæдæ хау- гæ-хауын цы зæгъай, æмæ бадгæ-бадын цы зæгъай, уыдон иугъуызон кæм хъуысынц адæммæ?! Уымæй дæр, Сехы- гоппæй куы рацæйхауай, уæд! Æмæ йæ уæд Сехыгопмæ дæр, æвæццæгæн, уымæн акæны уыцы лæг. Æмæ сæ фехъу- сой адæм, уæд сæ базондзысты — уыдон сæ алкæмæн дæр йæхи зæгъинæгтæ сты, йе ’нæфæуд царды фæндтæ. Алчи- дæр афтæ фæхъавы йæхи фехсынмæ царды зилдухмæ, уым хъуамæ йæ къахфындзтыл алæууа, стæй ныззила æмæ... Фæлæ — нæй, нæ фæцарæхсы, нæ йын бантысы. Афтæ- мæй ацæуы Сехыгопмæ, уым алæууы дзойдзойгæнгæ, стæй ахауы. Иуафон дæле Фæрнджынкомы ’рдыгæй радымдта æмæ бадис кодта Фарнæг — дæле уæлæмæ сдыма, уый никуы федта. Æнахуыр сыгъдæг уыди уыцы рæууон уæлдæф, фæзы афæстиат и, æрзилæгау кодта, æмæ цæгъдинагæй царв куыд фæхицæн уа, афтæ фæхицæн и уыцы сыгъдæг улæфтæй иу цыбыр дзырд — хурау рухс дзырд, хурау тымбыл дзырд — Хуро! Æмæ дисыл бафтыди Фарнæг — кæцæй йæм æрцыдаид уыцы дзырд, куыд æм æрцыдаид?! Фæрнджын комы куыд равзæрдаид, æмæ йæм æй уырды- гæй куыд рахастаид уадымс?! Стæй дысон изæр дæр куы уади цыдæр ахæм уынæртæ йæ хъустыл, уæд уыдон та цы уыдысты?! Уæд сын не ’рцахста сæ апп, йæ иувæрсты иу тахт акодтой ’мæ. Æнæуи цымæ уый гæнæн дæр ис æмæ дзырд, адæймаджы æвзаг цы дзырд скарста, уый æрдзы мыртæй фæхицæн уа æмæ уадымсы базыртыл ратæха?!
Нарты Фарнæг 157 Æниу ацы дзырдæн йæ фæхицæн дæр æнцон у æмæ йæ ратæхын дæр — Хуро! Æмæ Борæйы бæласы бын балæууыд Фарнæг. Уым, Бо- рæйы бæласы бын, фæбадынц фылдæр уæдæй фæстæмæ Хуро æмæ Еухæр, баиу сæ кодта уыцы стыр маст — иунæджытæй йын нæ фæразынц æмæ та баиу вæййынц. Æмæ та кæрæдзийыл хæцгæ араст вæййынц уырдæм — бæласы бынмæ. Кæд цæугæ дæр уымæн акæнынц, цæмæй кæрæдзийыл хæцой? Æнæуи сын афтæ хæцæн кæм и! Уым та хæрд ссæуæн у ’мæ... æндæ- рæбон дзоныгъыхъустæ кæнынмæ уыди Тæрсджыны Фарнæг. Фæсаходæн раздæхт. Борæйы бæласмæ куы рахæццæ, уæд æй бæласы бын абадын æрфæндыд, уыцы дзæбæх аууоны, фæрæт йæ фарсмæ æрæвæрдта нæууыл. Гыццыл абадги æмæ сæ суыдта — ссæуынц Хуро æмæ Еухæр. Еухæрæн йæ иу къухы лæдзæг, йæ иннæ къух Хуройы фæсонтыл æрбауагъта, афггæмæй лæгæрста хæрды. Хуро ноджы æрбагыццыл и Еухæры цонджы бын, тагъд кодта. Йæ галиу къух йæ хъамайы сæрыл æвæрд, йæ рахиз къух дардыл тылдта, уæддæр афтæ зынд — Еухæры цонг куынæ уаид, уæд нæдæр йæ хъамайы сæрыл хæцид, нæдæр йæ къух тилид. Фарнæг сæм æнкъардæй каст. Бæласы бынмæ сæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæм æрбайхъуыст Еухæры ныхас: — Нæннæ, дæ рын бахæрон, мæ хæдзары сæфт дæ хæ- дзарæй цæуы. Сæфты гуырд дæ хæдзары равзæрд, мæ хæ- дзары нæ равзæрд. Хуро йæм ницы сдзырдта. Хуройæн йæ даргъ боцъо ныффæскъау, ранæй-рæтты дзы йæ куырæты тæрттæ ра- зындысты. Цыди, фæлæ цыма кæдæм цыди, уый нæ зыдта, цæмæ цыди, уый дæр нæ зыдта, стæй йæ цыма цæуын фæндгæ дæр нæ кодта. Æмæ та йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы хабар. Раджы нæ уыд, æртæ азы рацыди уæдæй, æрмæст æртæ азы, афтæ- мæй йæм раджы чи æрцыди, ахæм хабары хуызæн зынди. Зæронд хабары хуызæн. Хуыснæг сарæх и уыцы сæрд. Ахæм къуыри нæ рацы- даид æмæ дыууæ-æртæ хатты ма фæхъуыдаид нарты рæ- гъæуттæй. Рæгъаугæстæ фылдæрæй фылдæр кодтой, фæлæ рæгъæуттæй къаддæр нæ сæфти. Хабар-иу хъæутæм ных- хæццæ æмæ та-иу се ’рмттæ кæрæдзийыл ныццавтой Ны- хасы лæгтæ. Куы нæуал фæрæзтой, уæд ныссагъæс кодтой —
158 Хуыгаты Сергей фæззæджы сæ бонхæрæнтæм ницуал æрæфтдзæн сæ рæгъæуттæй. Æмæ сын уæд Хуро йæхæдæг сæ зæрдыл æрлæууын кодта уыцы рагон нæртон æгъдау. Æгьатыр æгъ- дау уыди тынг — æгъатыр уавæрты райгуырди æмæ йын æндæр гæнæн нæ уыди. Ныууагътой-иу æй, сæ къух-иу ыл систой, цалдæргай азты. Нæй, йæ сæр та-иу сæ бахъуыди, раздæхтысты та-иу æм. Цæвиттон-иу хуыснæг куы сарæх, уæд-иу хъæуы чындз- дзон чызг æмæ усгур лæппуйæ цыдæриддæр уыд — æрæм- бырд-иу сæ кодтой æмæ-иу сæ рæздарæнтæм арвыстой. Рæгъæуттæн-иу сæ сæ алывæрсты баурæдтой. Дыгæйттæ- дыгæйттæй — иу чызг æмæ иу лæппу иумæ, иу чызг æмæ иу лæппу иумæ. Æмæ уыцы дард сæрвæты æнæцыд чызгимæ иунæгæй цы усгур лæппу баззайа, иу нымæты бын, ууыл ма цы хуыссæг хъуамæ фæтых уа, кæм и дунейыл ахæм хуыссæг! Æмæ рæгъауы исты змæлд фæцыд, уæд-иу уыцы æгъуыссæг-знæтæй фæгæппытæ кодтой уыцы хъарм ны- мæтты бынтæй лæппутæ, сæ цæстытæ-иу бирæгьы цæстытау æрттывтой, афтæмæй. Фæлæ, додой йæ къона кодта, чыз- гыл йæ кæстæр æнгуылдзæй дæр чи андзæвдаид, уыцы лæппуйæн. Ныр æрлæууыд йæ зæрдыл уыцы сæрд — иннæ сæрдты хуызæн куы нæ уыди, мыййаг! Уæд фæсырдтой Тыхыл æмæ Гуарæйы — Хуроты Тыхыл æмæ Еухæры чызджы. Æнахуыр диссаджы лæппу æмæ чызг уыдысты Тыхыл æмæ Гуарæ. Сæ иуæй се ’ннæ уындджындæр æмæ кондджындæр. Уæдæ сын сæ лæджыгьæд та диссагæн хастой сæ дыууæйæн дæр æртæ нарты. Афтæмæй сыл цыдæр фыдбылыз бафтыди: кæрæдзийы суыдтаиккой, æндæр-иу сæ цæстытæ нал истой кæрæдзийæ, уæзæгæн сæм йæ иу кæронæй йæ иннæ кæрон- мæ кæрæдзийы зæрдæты гуыпп-гуыпп хъуысти, иу кодта сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп æмæ сæ кæрæдзимæ æлвæста. Адæмы хъæр иу нал æмбæрстой. Ныр хабар хæдзари-хæдзар куы айхъуысти æмæ куы æрзылд, уæд Тыхыл йæ зонгуытыл æрхауд, йæ цæштæ арвмæ ныййивæзта, йæ цæсгом æм ныццарæзта æмæ скуывта: — Уæ Хуыцæутты Хуыцау, мæхи дзæбæх Хуыцау! Кæд ма мæ искуы дæхицæй хондзынæ, уæд мæ сæфын ма бауадз — нæ хал иумæ куыд нæ схауа! Куывта, лæгъстæ кодта, зыдта йæ — иу нымæты бынмæ
Нарты Фарнсег 159 куы ’рхауой, уæд ныггуып кæндзæн, сæ зæрдæты цы цæ- хæр абухы, уый, уромæг æй нал баромдзæн æмæ басудз- дзысты уыцы арты. Фæлæ мæгуыр лæгæн йæ мæгуыры хъæр дардмæ хъуысы, æндæр йæ куывд никуыдæм хæццæ кæны. Никуыдæм фæхæццæ и Тыхылы куывд дæр. Ныд- дæлæ-уæлæ кодта Хуыцау æмæ иумæ схауди сæ хал Ты- хыл æмæ Гуарæйæн. Уæд, уыцы бонрæфты базыдта йе сæфт Тыхыл, ныл- вæст и, ныммæстæг и, афтæмæй хъилæй баззади сæ фисы- ныл, цыма йыл исчи стыр арх суг бахъил кодта фисыныл, уый хуызæн. Хуыздæр бон нæ уыди Гуарæйыл дæр. Йæ сау дзыкку ныффист, афтæмæй акалд йæ нарæг фæсонтыл, æхсæр- дзæн рындзæй куыд ракæла, уый хуызæн. Æвнала йæм, йæ уæхсчы сæрты йæ æрбайса, абийа йæ, уый бæрц æм нал хъуыды уыди, нал — хъару. Йе стыр сау цæстытæ дзагъы- рæй баззадысты — сау пиллон-иу суагътой, стæй-иу пил- лоны бын цыдæр арт сгуыпп кодта æмæ-иу ницуал ауыдта Гуарæ, фæцудыдта-иу æмæ-иу лæугæйæ аззад. Цы бон раст кодтой рæздарæнмæ, уыцы бон бынтон джихтæн бахъуыд — уартæНартыдоны онг, цалынмæ бæхтыл сбадтысты, уæд- мæ иннæ чызджытæй кæйдæр цонгыл хæцгæ фæцыд æмæ сыгъди чызг, цыма йын йæ дæларм судзгæ æхсидав бачын- дæуыд. Æмæ сыл æрцыд, цы æрцæуинаг сыл уыди, уый сыл уыцы æхсæв æрцыди. Фарнæгæн йæхицæн та йæ хал Бе- дзейы чызгимæ схауди, Алæгаты Бедзейы чызг Мæйтыни- мæ. Йæ тæккæ чындздзон кармæ бахæццæ и уый дæр, чызг лæппуты фæкаст йе ’ппæт уæнгтæй дæр æмбарын куы рай- дайы, уыцы кармæ, гъе. Æмæ Фарнæг йæхи зæхмæ не ’руагъта, йæ дыууæ къахыл арвыста йе ’хсæв. Мæйтын нымæты бын батымбыл, цыма фынæй у, йæхи афтæ æвдыста. Фæлæ Фарнæг хорз зыдта, фынæй чызг афтæ нæ фæулæ- фы. Тыхылиты ’рдæм-иу азылд, фæстæмæ-иу æрбаздæхт, Мæйтыны нывæрзæнты-иу бахызт æмæ-иу Бырсæгиты ’рдæм ацыд йæ сабыр, æвдæлон цыдæй. Бырсæгитæм уыйас не ’хсайдта йæ зæрдæ. Бырсæг, йæ бон у ’мæ алы змæлд ма фехъуса, фæлæ иунæг куы нæ у, мыййаг. Тарсти Ты- хыл æмæ Гуарæйæн — зыдта, се ’хсæн цы арт сыгъд, уый æмæ, куы ныггуыпп кæна æмæ дзы куы фæхуыдуг уой
160 Хуыгаты Сергей уыцы арты. Бæргæ, бæргæ, фыдбылызæй сæ бахиз! Фæлæ куыд?! Дæхи бынат нæ ныууадздзынæ æмæ уыдонимæ не ’рбынат кæндзынæ. Уæддæр нæ бадын фæрæзта Фарнæг, нæ лæууын. Цыдæр зарæг базарыд йæ фындзы бын æмæ заргæ ацыд — уадз зарæг сæм рæвдздæр байхъуыса æмæ сæ фыдбылызæй бахиза. Æмбисвæндагмæ бахæццæ, афтæ йæ хъустыл æрцыд галы богъ-богъ. Фæлæууыди — цы уа? Æмæ та нæуæгæй — богъ-богъ, стæй ма галты тæрк змæлд дæр æрбахаста йæ уæлæ æхсæвы сабыр уддзæф рæгъауы хъармимæ. Æмæ амидæг и рæгъауы Фарнæг. Мæнæ иу хъила галы сыкъайыл ауыгъдæй лæууы бирæгъы мард. Куыд æй равзæрста Фарнæг, афтæмæй, йæ артæнты суади сыкъа бирæгъæн æмæ дзы иннæрдæм акаст. Æвæццæгæн ын йæ хурхмæ фæлæбурынмæ хъавыд æмæ йæ сриуыгъта уый хуызæн хъалхъаст гал йæ цыргъ сыкъайæ. Ныр йæ сæр ныттилы гал, æмæ йæ тарст богъ-богъ ссæуы. Иннæ галтæ æртымбыл сты йæ алыварс. Футтытæ кæнынц, кæ- рæдзийы рассон-бассон кæнынц. Æмæ сдыууæрдæм и рæгъау. Цалынмæ тарст гал ахста æмæ йын бирæгъы мард æфтыдта йæ сыкъайæ, уæдмæ ныггуыпп кодта, ныггуыпп кæнынæй кæмæн тарст, уыцы арт. Бæргæ ма ратагъд код- та, ныр заргæ нал, ныр та — дзургæ: уæдæ æмырдзыхæй куыд балæууа сæ уæлхъус! Фæлæ нымæттæ афтидæй бай- йæфта. Исдуг æм афтæ фæзынд — чидæр змæлы сæ ми- дæг нымæттæн, стæй æдзæмæй аззадысты нымæттæ. Æмæ уæд арвмæ аздæхта йæ цæстытæ Фарнæг. Уым арвы кæрон Боброн чысыл суади, йæ цыргъ сиучъытæ фæйнæрдæм ныццарæзта æмæ сæ æнахуыр цъæхбын рухс тæгæлтæй хауди фæйнæрдæм. Æмæ ауыдта уыцы рухсы тæгæлтæм: æмызмæлд кæнынц, тæлфынц, цыма дыууæ кæфы сты æмæ фурды донæй фурды былмæ рахаудтой æмæ сын ныр æнæ фæхуыдугнал и. Куысæ иуыурс буар фездæхы Бобронмæ, куы сæ иннæйы. Удисæджы змæлд сыл бафтыд æмæ хуыдуг кæнынц уыцы удисæджы змæлдæй, лæбурынц уæлдæф- мæ, зыд улæфт æй кæнынц — нæй, нал цæуы улæфæнты æмæ та уæд кæрæдзийы былтæм баирвæзынц æмæ æрцæрынц сæ удтæ. /Емæ йæ зонгуытыл æрхауд Фарнæг — фæтасыдысты уыцы тæлфты тасæй йæ зæнгтæ. Уæддæр касти комкоммæ Бобронмæ — уый уæлдæрæй-уæлдæр цыди арвыл æмæ
Нарты Фарнæг 161 цъæх-цъæхид рухсы æрттигътæ калдта фæйнæрдæм. Æмæ йæм, Бобронмæ касти, афтæмæй æрцыди иу хъуыды, лæг- мæ йæ фæстаг хъуыды куыд æрцæуа, уый хуызæн — æртæ уыдон сты, иу — уалæ Боброн, æндæр ничи зоны, ахсæв ам цы ’рцыди, уый. Æмæ уый басусæг кæнын нæ бауы- дзæн сæ бон цыппарæй?! Фæцæудзысты Луанылæгæтмæ, æртæ боны ’мæ æртæ ’хсæвы фæлæудзысты сæ зонгуы- тыл кувæндоны раз, фæкувдзысты, фæфæсмон кæндзысты, кæддæр-иу куыд лæууыдысты йæ разы азымджынтæ афтæ, æмæ сын ныббардзæни сæ рæдыд Луаныдзуар. Æмæ йæ сæрыл схæцыди Фарнæг æмæ федта — уæлиæутты кæй акалынц, уыцы тулдзы бындзæфхадау лæу- уыди нымæты кæрон йæ зонгуытыл Тыхыл. Иæ тæрттæ бæгъгъæттæй баззадысты ’мæ сæ хъарм бырста æддæмæ йæ тæрттæн, суанг Фарнæгмæ хæццæ кодта йæ тафс уыцы хъармæн. Фæлæ иунæг цæмæн уа Тыхыл?! Гуарæ цы фæци уæд?! Кæм æй ныууагъта, куыд æй ныууагъта?! Намæ кæдæм хаудтой ардыгæй, цæмæй хаудтой, сæ хъарм ны- мæттæ куы ныууагътой! Æмæ йæ хъæр фæцыд Фарнæ- гæн. Фат куыд феуæгъд уа æрдынбосæй, афтæ: — Тыхыл?! Уыцы хъæр нæма байсыст, афтæ ауыдта Фарнæг: æр- базгъоры Гуарæ, йæ мидæггаг даргъ къабайы фæдджитæ тыхсынц йæ зæнгтыл, дзæбæх згъорын æй нæ уадзынц, æмæ фæцуды, фæцæйкæлы, уæддæр згъоры, дугъ кæны уæддæр. Лæппутæм æххæст нæ бахæццæ — æрхауд йæ уæрджытыл. Æмæ лæууыдысты сæ уæрджытыл æртæйæ дæр. Боб- роны цъæхбын рухс сæм иуырдыгæй каст, кæмæн сæ йæ уадул рухс кодта, кæмæн йæ ных, кæмæн йæ уæхсчытæ. Йæхи хуызæн сæ ничи уыди. Æмæ лæууыдысты уыцы æндæргъуызæттæй, лæппутæ кæрæдзимæ ’ввахсдæр, чызг — уыдонæй гыццыл æддæ- дæр. — Мæрдтæм фæцæйцыдтæн, хъуамæ дæ иунæгæй ныу- уагътаин. Уо ме ’намонд! Куыд мæм æрцыди уыцы хъуыды, куыд ыл бафтыдтон мæ сæр! Азым хъуамæ иууылдæр ныу- уагътаин дæуæн уæлæуыл, нæ дыууæйы азым иунæгæй дæуæн. Æниу дæм æз мæрдтæй дæр æрыздæхтаин, уæддæр дæ иунæгæй нæ бауагътаин уыцы карз тæрхоны размæ! 11 Хуыгаты Ссргей
162 Хуыгаты Сергей Æртæх æппарæнафон уыд, æмæ рæздарæн сабыр фæл- мæн сыр-сыр кодта. — Æртæ мах стæм а зæххыл, иу Боброн и арвыл уалæ. Цы ’рцыди, уый мах йеддæмæ ничи зоны, нæ цыппары йеддæмæ, бавдæлæм æмæ йæ басусæг кæнæм. Луаныку- вæндонмæ фæцæудзыстæм, æртæ боны ’мæ дзы ’ртæ æх- сæвы фæлæудзыстæм нæ зонгуытыл, фæлæгьстæ кæндзыстæм дзуарæн, нæ тæригъæдыл басæтдзыстæм йæ разы. Хатыр дзы ракурдзыстæм æмæ нын бахатыр кæндзæни — хатыр курæгæн дзуары зæрдæ гом у. Куы ’рыздæхæм, уæд минæвар фæцæудзынæн Еухæртæм æмæ чындзæхсæв — цас раз- дæр, уас хуыздæр. Гуарæ йæ сæрыл схæцыди, йæ цæстытæ ныццарæзта Тыхылмæ — цы зæгъдзæни Тыхыл? Уый иуцасдæр æнæзмæлгæ лæууыди, стæй йæ сæр ныт- тылдта фæйнæрдæм. — Цы зæрдæ дын и нæ фæлæ, Фарнæг! Искæй зынтæ ’мæ искæй мæстытæ йæхи куыд бакæны дæ зæрдæ! Куыд дзы цæугæ кæнынц, куыд сыл æххæсгæ кæны! Бæргæ, бæргæ, Луаныдзуары раз дæ зонгуытыл слæуу, æртæ боны нæ — æртæ мæйы фæлæууин. Фæлæ цы æгъдау фехæлд- тон, цы фидар æгьдау, уымæй та куыд ракурдзынæн ха- тыр?! Уый нал и, фехæлд уыцы фидар æгъдау æмæ дзы ныр хатыр курæн дæр нал и. Мæ хуыздæр гæнæн — адæ- мы тæрхоны раз æрлæуу, цы дын ныллыг кæной, уый сæк- кой кæн æмæ йæ хæсс, кæдмæ йæ фæразай, уæдмæ, стæй æрхау æмæ йæ быны сыгъдæгзæрдæйæ амæл. — Тыхыл æрлæууыд, æмæ загъта Гуарæ: — Æндæр ныхасмæ дæм не ’æнхъæлмæ кастæн. Фæс- мон фæкодтаин, мæхи кæй не ’рцауыгътон, ууыл, мæнæ, æндæр фæндыл ныллæууыдтæ, уæд. Уыцы ныхасмæ нал раздæхтысты — алкæй сæ уыд йæхи- имæ ныхасаг. Афтæмæй сæ уым сæ зонгуытыл лæугæйæ æрæййæфта бон. Уæд базмæлыдысты — Тыхыл æмæ Гуа- рæ цæугæ кодтой, сæ худинаг æмæ сæ фыд ныххæццæ кæной Ныхасы тæрхонмæ. Фарнæг дæр — семæ. Йæ дыккаг бон сын рахастой тæрхон — хъоды! Уыцы изаер сæ акодтой Сагтыдоны былмæ, Тыхылы был-был арвыстой уæлæмæ, Гуарæйы та — дæлæмæ. Кæд кæрæ- дзийы агурой, уæд агурæд, кæннæуæд дæр сын Хуыцау
Нарты Фарнæг 163 цы стæрхон кæна, уый уыдзæн. Адæмы тæрхон сын конд у. Утæппæт мысинæгтæ йын уыцы уынæр расайдта йæ фæдыл. Дысон куы æрталынг и, уæд æм цыма кæцæйдæр чи æрбайхъуыст æмæ та йæм ныр дæр уартæ Фæрнджын комæй уадымсимæ чи æртахти, уыцы уынæр. Фарнæг фестад, лæгæтæй йæ хордзентæ рахаста, цы- лыхъы донæй цалдæр армыдзаджы скалдта йæ цæсгомыл, стæй йæ басылыхъы хъусæй асæрфта йæ цæсгом, йæ нымæт батыхта, хордзены цæсты йæ нывæрдта æмæ араст и уæлæ- мæ — хъуамæ хуры скастмæ уым уа, Цатыбæрзонды. 12 Дыккаг бон хъуамæ аздæхтаид Фарнæг Цатыбæрзондмæ — йæ дзæбидыр уым баззад! Йæ рахиз æвдасарм æмæ йын йæ раззаг хуылфыдзаума рахаста ’гасæй, иннæ уым ныу- уагъта. Суæнгтæ йæ кодта,йæ цармы йæ стыхта æмæ йæ цъитийы згъуыды нывæрдта. Æмæ ма дзæбидыр дæр цы фæнды фæуæд, фæлæ уыцы лæппу! Кæд ма удæгас у, уæд ыл зæфцы фыдæй мацы ’рцæуа. Кæд удæгас нал у, уæд та йæ йæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæна. Æмæ æрдæгæх- сæв, мæй арвы астæумæ куы схæццæ, уæд фестад. Цырагъ куыддæр ссыгьта, афтæ йæ цæстытæ æрхæцыдысты Уæныл — уæртæ цуанарæзтæй артдзæсты бады. Ныллæууыди — æз дæр цæуын. Уæд афтæ цæугæ у Цатыбæрзондмæ! Йæ цæ- рæнбонты йæ къахы æлгътæй чи никуы схъæрзыдта, уыдо- нæй куы нæ хæссы йæ ныфс алчи. Æмæ уый та фæстинон куы у нырма. Хæрз фæстинон. Лæппутæ сæ тæккæ загъд-заманайыл уыдысты, раст сын афтæ бахостæуыд сæ дуар. Бакодтой дуар æмæ — Быр- сæг. Бахызт мидæмæ. Йæ цæнгтæ йе ’мбуар æруагъта. — Рухсаг уæд — Арданæ нал и. Лæппутæ сæ быцæуæй фæлæууыдысты. Уæрхтæнæг йæ уаты рабадт æмæ йæм къухаууонæй кæсыныл фæци — æрбахизæнмæ дзæбæх нæ хæццæ кодта цырагъы рухс. — Кæцы дæ, кæ? — адзырдта йæм Бырсæгмæ Уæрхтæнæг. — Бырсæг дæн. — Æмæ чи нал и, зæгъыс? — Далæ Тырындзы идæдз Алæгаты. Мæгуыр Арсаджы мад. — Рухсаг уæд, æгайтма æрæнцади, бецау.
164 Хуыгаты Сергей Уыцы бон нал ацыди Фарнæг. Нал ацыди дыккаг бон дæр. Куыд ацыдаид — адæм иуæрдæм, уый та — иннæр- дæм! Афтæмæй йæ зæрдæ куыд æхсайдта уыцы цæф лæп- пумæ! Цы баци афонмæ! Нæ йын — йæ дзыхмæ доны къус бадарæг, нæ йын — йæ артыл къæцæл баппарæг! Уæд ыл сæмбæлди уыцы бон лæппуйыл. Æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ раджы схæццæ Цатыбæрзондмæ. Дуне нæма базмæлыд — кæрæй-кæронмæ уыди фынæй уыцы стыр дуне. Иу сым, иу сыбыртт никуыцæй хъуыст æмæ уыцы æгуыппæг сабырæн йæхи хуылфæй цыдæр иугай мыртæ хицæн кодта, æмæ кæдæмдæр ратæх-батæх кодтой уыцы æгæрон атагъайы, æмæ адæймаг уыргъиау кодта цæмæй- дæр. Стæй хур йæхæдæг нæма сзынд, афтæмæй йæ тынтæ сæхи раивæзтой хохы сæрты Цатыбæрзондмæ æмæ сын- дæг-сындæг схæцыд хуры тынтæм æнусон Цатыцъити — хохы цъуппыл æнæкæрон æрттигъау æмæ дуне æгасæй уыцы судзгæ рухсы аирвæзти. Цæстæй ракæсæн нал уыди — цæстытæ сыгъдысты уыцы æнæрхъæц судзгæ рухсмæ, йæ ферттывд карды комæй уæлдай нæ уыди. Фарнæг йæ цæс- тытæ бацъынд кодта æмæ сыл йæ арм бафæлдæхта. Уæддæр сыгъта æмæ арыдта уыцы хъандзал рухс, цъыхыры кодта бæстæ. Йæ сагъадахъ йæ иу уæхскыл, йæ хордзен æмæ нымæт — йе ’ннæ уæхскыл, афтæмæй лæугæйæ баззади Фарнæг. Иуафон бафиппайдта — рухсы æрттывд мынæгæй-мынæг- дæр кæны. Гыццыл ма алæууыд æмæ ракаст. Рухс нæ фæкъаддæр, фæлæ судзгæ кæмæй кодта, уыцы æрттывд фæбадт. Æмæ фæуырдыг кодта Фарнæг Цъаты хуссары. Атагъамæ нæма ныххæццæ — æнахуыр æгæндæг атагъа, йæ мæнтæджыхъæд фæрв бæласы йас уыди раст — афтæ ауыдта: дæлæ арс йæ фæстаг къæхтыл ралæгæрста хæм- пæлтæй, йæ дæларм цыдæр балхъывта æмæ йæ фæхæссы, адæймаг суджы фастаг куыд фæцæйхæсса, афтæ. Лæугæйæ баззади Фарнæг — арс кæд нæ фæцæйхаста адæймаг! Фат æмæ æрдын систа, ныккаст æм фаты кæсæнæй — нæй, ацырдыггаг дæлармы йæ хаста^лæджы æмæ æхсæн нæ уыд. Æруагъта фат æмæ æрдын. Йæ хъуыдыйы æрæфтыд — ныгæнынмæ йæ ма хæсса! Гыццыл ма банхъæлмæ каст æмæ йæ фæд-йæ фæд ацыди арсæн. Лæджы иу дзыхъхъы бай- йæфта арс ыл цъыхырытæ æмæ хæмпæлтæ куыд бакалдта,
Нарты Фарнæг 165 афтæмæй... Сласта йæ дзыхъхъæй, сæккой йæ кодта æмæ йæ, йæ гæрзтæ кæм фæуагъта, уырдæм схаста. Уым ын ронджы хуыпп ауагъта йæ хъæлæсы — уый ферхæцыди ронгæй, æмæ федта Фарнæг: лæппу уыди нырма, хæрз лæппу. Æмæ фæфæнд кодта Фарнæг — уæлдæр æй схæсса уалæ, уым ын мусонггонд бацъапп кæна, арт ын дзы бакæ- на, сырд æм куыд нæуал бауæнда, афтæ, æмæ уал йæ цуаны кой бакæна. Стæй бæрæг уыдзæн. Фæссихор, дзæбидыр куы амардта, фыдызгъæлæй цы фæрæзта, уый куы раккой кодта, уæд ууылты ракодта йæ фæндаг.^Лæппу хуыссыди, куыддæриддæр æй ныууагъта, афтæ. Йæ нымæт ын йæ быны бакодта Фарнæг, арт баидзæрста, стæй йын цæхæрыл игæры хай бавæрдта — кæд цуанон у, уæд хусысмагмæ йæхи æрæмбардзæн, æмæ ратагъд кодта: рагсом куы нæ ныххæццæ уа сæхимæ, уæд Уæн фæдис сыстын кæндзæн хъæубæстæ. Æмæ та ныр дæр уыцы ныхас — цыма уыцы рагсоммæ нæ банцади æппындæр сæ ныхас: — Марды мæрддзаг æмæ мæ рынчыны комдзагæй кæд- мæ дардзынæ?! — æвиппайды фæцыди Уæны мæстæлгъæд хъæр, стæй æввахс балæууыд Фарнæгмæ, йæ хæдоны тæрт- тæ фегом кодта, йæ риуыл размæ рахæцыд æмæ цырагъы рухсмæ дæр дзæбæх зынд, йæ риуы гуыдыр размæ куыд рацыд, уый. — Æрбакæс-ма мæм, рынчыны хуызæн дæм зынын истæмæй?! Фарнæг фæуыргъуыйау. Йæ тъæпæн æрмттæ йын ба- дардта йæ риуы гуыдырмæ, цыма сæ къонайы артмæ ба- дардта, уый хуызæн, стæй йын сæ афтæ тыррыккæй ба- хаста йæ риумæ, æрысгæрста йын йæ риу æмæ йæ цины пыррыкк фæцыди. Уый фæстæ йыл цины кæл-кæл бафтыди пыррыккыл. Афтæ кæл-кæл кодта æмæ хоста йæ тъæпæн къухтæ Уæны гом риуы гуыдырыл... Стæй атымбыл кодта йæ къухтæ æмæ йæ тымбыл къухты цæгæттæй ныххоста риуы гуыдыр, æмæ йæ фидар гыбар-гыбур ссыди риуæн,- æмæ дзы хæдзар байдзаг и уыцы губар-гыбурæй. Æмæ йæм фæлæбурдта Фарнæгмæ Уæн, йæ ронбасты бынты йæ ацах- ста æмæ йæ хæрдмæ фелвæста, афтæ сонт æлвæст æй фæ- кодта æмæ йæ сæр цары фæйнæгмæ схаста Фарнæг — фæйнæг уæгъд æвæрд разынд æмæ фæуæлгоммæ, æмæ Фарнæджы хъæрæй худт цармæ аивылди къонайы судзгæ
166 Хуыгаты Сергей фæздæг ердойыл арвмæ куыд аивылы, афтæ. Дæлæмæ æрæппæрста йæхи Фарнæг, Уæны уæхсчытæ ацахста, ныт- тыхсти сыл, сгары уæхсчытæ, бæрзæйы нуæрттæ æмæ худы, æмæ йæ кæл-кæл ивылы уæлæмæ. Уæн архайы — атона йæ йæ уæхсчытæй æмæ та йæ фелваса хæрдмæ, ацы хатт ноджы бæрзонддæр куыд стæха, фæлæ Фарнæджы хъандзал цæнгтæ афтæ æнцон атонæн нæ уыдысты. Уæрхтæнæг та йæ уаты бадти, йæ сыстыны размæ ма куыд абады йæ уаты, афтæ, æмæ .худти — йæ худыны хъæр нæ хъуысти. Æнæуи худти. Дзæбæх æвнæлдтытæ кодтой кæрæдзимæ, нæртон æвнæлдтытæ, æмæ сæ цыдæр ныфс бабадти йæ уæнгты уыцы змæлдтытæй. Æппæт дæр дзы айрох ис. Æмæ йæхи мидæг ахъуыды кодта: цæй цуа- ны мæт сæ и! Ардыгæй фосмæ зилынафонмæ афтæ куы фæраххæсс-бахæсс кæниккой кæрæдзийы, уæд цæй сыр- дыфыд хъæуы лæджы! Фæлæ сын кæд æнæ цæугæ нæй — ныр нал ныллæудзæн Уæн, иугæр афтæ сысырхта — уæд сын æрæджы кæны. Æмæ сæм рахъæр кодта, куыд бадти, афтæмæй: — Ныр, кæдмæ æрмаццагай хæцдзыстут уырсытау! Рæстæг сымахмæ кæсы, кæд цæут, уæд?! — йæхæдæг йæ хæлаф æрбайста йæ дæлфæдтæй. — Ды уал хуысс! Ды цæмæ стыс нырма! — бадзырдта йæм Уæн. — Гæррæтт, куыд цæмæ стын! — бабустæ кодта Уæрх- тæнæг. — Æмæ уæ Уастырджийыл бафæдзæхсын дæр нæ хъæуы, æндæр ницы, фæлæ! Цатыбæрзондмæ цæуын дæлæ Чынтæм ныууайыны хуызæн куы нæ у, мыййаг. — Уый мæнæй куы ферох и. Фен-ма дурын æмæ сыкъа, Уæн, — йæ хордзентыл схæцыд Фарнæг. Уæнæн цæттæ уыдысты йæ хордзентæ. Æнæуи дæр цин кодта — уадзынц æй! Уайтагъд Уæрхтæнæджы къухы сыкъа фæсагъта. Æмæ скуывта Уæрхтæнæг: — Уæ стыр Хуыцау, уæ къæсæры Уастырджи! Нæ бæлц- цæттæ — уæ фæдзæхст, къæсæр хох хуыдтой нæ хорз фыдæлтæ æмæ ацы лæппутæ нæ къæсæрæй куыд уæнгрæ- уæгæй хизынц, афтæ уæнгрæуæгæй куыд фæхизой хохæй- хохмæ, уыцы ахъаз сын бакæнут. Мæнæ кæстæр хъæбул фыццаг хатт цæуы дард цуаны — йæ къах куыд нæ фæл- лайа, йæ цæст куы нæ ивгъуыйа, йæ цонг куыд нæ рæ-
Нарты Фарнсег 167 дийа, уыцы хорзы йын бацæут! — йæ куывдæй разы уыди Уæрхтæнæг — нæ фæкъуыхцы. Æнæуи дæр байдыдта арæх- сын æмæ йæм цинау касти кувын. Сыкъа бануæзта, лæппутæн сæ фæйнæ ’фцæджы атыхст æмæ йæ уатмæ баздæхт. — Ныр бон у, гъа! — загъта ма ’мæ йæхи сынтæджы ауагьта. Йæхицæй разы уыд — уæддæр дзы зулдзыхæй нæ цæуынц лæппутæ. Дысон хæрнæгæй куы ссыди, уæд Сагинæйы хæдзары сæййæфта, зилæнтæ кодта æмæ афтæ фидыдта, афтæ! Чызг æхсыр афæрсыгъта, къæрта йæ ауындзæны ацауыгъта — бирæ нал кæнынц сæгътæ æмæ гуымбыл дыууæ догъæй ахсын байдыдта. Уый фæстæ сæхимæ атагъд кодта. Куыд- дæр лæппутæ схæццæ сты — уыдон ма уым афæстиат сты — афтæ сæ йæ разы ма æрлæууын кæна. — Ныр кæдмæ фыдæбонæй мардзыстут ацы мæгуыр чыз- джы?! Цы хæсджын уæ фæци Дургом? Æви уæ хæрзтыл фæкалд! Иу къуыри фæкæсæн ис хæдзармæ, иу мæй дæр, гъа, гæнæн нал и, уæд афæдз дæр, фæлæ ныр — уал азы! Æмæ дзы цæсгом нæ хъæуы?! Стæй Дургомты хæдзарвæн- дагимæ мах чызг курын раны стæм кæрæдзийæ, æмæ ныл уæд та исчи исты æрæмысыди, уæд нæ худинаг кæны кæй- дæр чызг. Æмæ чызг дæр чызджы хуызæн куы уаид — цы- рагьы хуызæн! — хæрнæджы цалдæр сыкъайы бануæзта æмæ йæ уый дæр разæнгард кодта загъд кæнынмæ. — Агъæц, мæнæ уал фенон Дургомы, кæддæра ма уæ тæфтыл дæр ацæуид, стæй-иу уæхæдæг æрдуцут уæ сæгъты æмæ-иу уæхæдæг бацахсут уæ гуымбыл, — гыццыл фæлæууыд, лæп- путæм фæйнæ дзагъулы бакодта, — цардвæндаг къахвæндаг нæу, нæ, къахвæндагыл æвзæр ацыдтæ — раздæх æмæ йыл нæуæгæй ацу. Цардвæндагмæ раздæхæн нал и æмæ йыл алы къахдзæф дæр нымад у, алы къахвæд дæр ыл зайгæ кæны. Æмæ йыл æрмифицаугæйæ цæуæн нæй цардвæндагыл. Суанг сæ талынгтæм фæдардта уынджы хъæбæрыл. Мидæмæ куы бацыдысты, уæд æртдзых дæр нал бакодтой, афтæмæй ныххуыссыдысты сæ уæтты. Суанг Сагтыдонмæ иу сыбыртт никæмæй схауди дыууæ лæппуйæ. Уæны бæргæ фæндыди истытæ дзурын — дыу- уæйæ истытæ дзургæ цу, уымæй хуыздæр цы и! Фæлæ Фарнæг ницы дзырдта æмæ уый дæр куыд дзырдтаид!
168 Хуыгаты Сергей Доныбыл æрлæууыдысты, сæ хордзентæ æмæ сæ сагъадахътæ нæууыл æрæвæрдтой. Сæ къухтæ ахсад- той, сæ цæсгæмттыл дæр скалдтой рæууон уазал до- нæй. --"' — Фæйнæ къæбæры бадгæйæ хæрæм, æви цæугæ-цæ- уын? — бафарста Фарнæг. Уæн æм бахудти. — Цæугæ-цæуын. — Лæг дæ, ме ’фсымæры къуындзих! — хордзены цæс- тæй хъæбæр кæрдзын систа, йæ астæуыл æй æрсаста æмæ йын йе ’рдæг Уæны къухы фæсагъта. Хæргæ-хæрын ба- раст сты, доны уæле цы хъæдын хид уыд, ууыл. Йæ астæу- мæ дæр нæма бахæццæ сты хидæн æмæ йæ цæстытыл ауади Фарнæгæн: аг фыцы, пæлхъ-пæлхъ кæны, йæ фæрстыл æрлæсæнтæ кæны æхсидгæ бас, аджы бынæй равналынц арты знæт æвзæгтæ, сыстæрынц æхсидгæ басы кæлæнтæ аджы фæрстыл æмæ сæ цъыс-цъыс ссæуы басы кæлæн- тæн. Æмæ хусысмаг лæсæнтæ кæны фæйнæрдæм. Аджы фарсмæ лæууы Арсаг. Хиарæзт хъæдын змæнтæнæй сыз- мæнты дзидзатæ аджы мидæг, стæй аздæхы артмæ, куы йæм йæ салбæрæн йæ иу фадыг бадары, куы йе ’ннæ фа- дыг, йæ къахыл бæрзонд схæцы, афтæмæй, куы та йæм йе ’рбадæнтæ дæр фездахы. Уæд арæзтой ацы хид. Зиу ракодтой. Зиууæтты сихор дæр хъуыди, фæлæ, зыдтой хистæртæ, лæппутæй агмæ никæй афæнддзæн ызмæлдæй, æмæ Сагахс хинæй рацыд Арсагыл: мæнгæвæрд фæйнæгыл куыд фæлæууыдаид, афтæ йын бацума кодта. Фæйнæг фæхъил, æмæ лæппу доны смидæг. Æмæ ма йын æндæр цы гæнæн уыд! Уым архай- гæйæ изæрмæ дæр не ссур уыдаиккой йæ пысултæ, стæй æнцон у, йæ дон кæмæн миза, уыцы пысулты кусын! Бар- æнæбары сразы. Йæ куырæт æмæ йæ хæдон раласта. Аджы фарсмæ иу хъил æрсагъта æмæ сæ ууыл æрцауыгъта, фæлæ йæ салбар нæ ласта æмæ йæм фæйнæрдыгæй алы ныхас æппæрстой уыцы хъал лæппутæ. Диссæгты дуне у, чи цы фæнды дзурæд, уæддæр ацы дуне, — хъуыды кодта цæугæ-цæуын Фарнæг. — Æндæр уæдæ иннæтæй цæмæннæ искæмæн бацума кодта Сагахс? Уымæ цæмæ фæкомкоммæ ис, Арсагмæ?! Уый цæмæн бар- выста уыцы мæнгæвæрд фæйнæгыл?! Уымæ цæмæн нык- кастысты æгас боны дæргъы, ууыл цæмæн худтысты?! Кæд
Нарты Фарнæг 169 йæ нывыконды цы фыст уыди, уый йæхи равдисынмæ хъа- выди: рæхджы нал уыдзæни Арсаг, абон ма и се ’хсæн афтæ æмбырдæй æмæ ма йыл фæхудой, уыцы хорзы ма сын бацæуа... Фарнæг бафиппайдта — йæ хæринаг йæ дзыхы саха- дыдта. Йæ кæрдзын хордзены цæсты ныппæрста, Уæн æй куыд нæ федтаид, афтæ, æмæ йæ цыды кой кодта. Маст скæнын нæ — мæсты кæнын дæр нæ зыдта. Фæл- лайын дæр нæ зыдта, зивæг кæнын дæр. Исты куыстыл æй бафтыдтай, уæд æй цалынмæ дæхæдæг баурæдтаис, уæдмæ йæ астæу нал сраст кодтаид. Уыдæтты тыххæй æгæр хуымæтæг зынди иннæты ’хсæн, гыццыл уæдæгонд цыма уыд. Ныр быныдзæрæг фæци йæ хæдзар. Сæ фос та сын раздæр байуæрстой сæ хæстæджытæ сæхиуыл. Æндæр гæнæн сын нæ уыди — уынгты баззадысты. Сæ хъуццы- тæн-иу се ’хсыр мызт сæ фæдджытæй, афтæмæй-иу уынгты богъбогъгæнгæ рацу-бацу кодтой. Сæ фыстæ кæрæдзийы къуымбил хæрынмæ æрцыдысты. Цæрдхæцин хæдзар уыди æнæуи Тырындзы хæдзар, йæ фæстæ дæр нæ фæцудыдта. Байуæрстой сæ ставд фосæй, лыстæг фосæй сæ хæстæ- джытæ. Чи сæм куыд æввахсдæр уыд, афтæ йæм дзы фыл- дæр æрхауд. Арданæ-иу йæхæдæг дæр абадти семæ фос- уарджытæн, бахудтытæ-иу сæм кодта, стæй-иу сæ бадгæ фæуагъта æмæ-иу уынджы балæууыд. Æмæ-иу адзæгъæл и. Дунейы йын бæрæг бынат нал уыди, сæцæгæлон ын ис дуне æгасæй дæр. Фæлæ уæддæр Арсаг, Арсаг! Чынтæй рацу æмæ Нартæм ма фæхæццæ у! Ахæм ма дзы æнæхъола мæлæт æрæййаф- дзæн лæджы! Æмæ йæм цы цардвæндтæ уыд æмæ цы чызгыл æрæвæрдтда йæ цæст! Хъобайыл дæр кæд уый тыххæй бафтыдта йæ сæр, ома, уыдонæй у, чынтæй, æмæ мын, ома, кæд исты феххуыс кæнид, кæд ме ’вварс рахæ- цид, ома. Æууæндгæ кодта алкæуыл дæр æмæ Хъобайыл дæр æууæндыди. Уæд ма йæ федта Хъобайы фæстаг хатт Фарнæг, Арсаджы ныгæнæн бон. Мæрддзыгой уæлмæр- дæй здæхти æмæ чынты лæппутæ сæ галуæрдон фæндагæй иуварс æрурæдтой — мæрддзыгойы рæзты куыд ахызта- иккой! Хъоба йæхæдæг галуæрдоны дæргъæй хуыссыд — Лæхъыбыдырæй йæ раластой. Дурыл, дам, тыххæст скод- та æмæ, дам, дзы цыдæр аскъуыд, æвæццæгæн, туг, дам
170 Хуыгаты Сергей сæппæрста. Йæ фарсмæ иу дæргъæй-дæргъмæ дур ныд- дæргъ и йе ’мбалау. Ууыл скодта тыххæст Хъоба, æвæц- цæгæн, уыцы дурыл æмæ йын æй йемæ раластой чынты лæппутæ. Арсаг ын кæй кой кодта уыцы ’хсæв, уыцы дур- тæй уыдаид, æвæццæгæн. Æнахуыр цъæх дур æмæ дзы цъæх уазал хъарыд æддæмæ. Æмæ хуыссыдысты Хъоба æмæ уыцы дур дыууæ æмбалау. Цæстæй нæ касти Хъоба, фæлæ цыма йæ цæстæнгас цыдæр змæст уыди, афтæ зынд Фарнæгмæ. Æмæ дис кодта Фарнæг: цæмæн æм афтæ зына? Йæ цæстытæ цъынд кæмæн уой, уымæн йæ цæстæнгасæн цы рахатæн ис! Уæддæр та-иу ын йæ цъынд цæстытыл йæ цæстытæ æрхаста æмæ та-иу æм афтæ фæзынд — змæст у йæ цæстæнгас. Уæд йæ уадулты хъæбæртæ афтæ хъилæй нæ баззадаиккой, уæд йæ рихитæ афтæ не ’рбырыдаиккой — былты сæрты ахызтысты рихитæ æмæ дзых бынтондæр сæ быны фæци æмæ-иу æм афтæ дæр фæкасти Фарнæгмæ — æмбæхсгæ бакодта йæ дзых адæмæй Хъоба. Цæмæй йæ мачи бафæрса æмæ йæ макæмæн мацы зæгъын хъæуа. Æнæуи йын тыххæстæй æрбырыдаиккой, тыххæст скодта, йæ нуæрттæ айтынг сты, аивæзтысты рихитæ дæр, айтынг сты æмæ æрбырыдысты. Æмæ ма цымæ исты загъта, ца- лынмæ æрбырыдысты рихитæ, уæдмæ Хъоба? Исты ма сфæрæзта сдзурын? Сфæрæзтаид ма, æвæццæгæн. Дуры дæр ралгъыстаид, ома, кæд цавæр уæззау дæ, уæд дын афтæ дæр уæд æмæ уфтæ дæр. Сæлгъыстытæ-иу кодта, мæсты-иу куы уыди, уæд. Æмæ цымæ Арсаджы кой ницы скодтаид? Афтæ, ома, ныр уыимæ куы схæцыдаиккой ду- рыл, Арсагимæ дыууæйæ, уæд æй афтæ тыххæст кæныны сæр нæ бахъуыдаид. Уæдæ раздæр цæмæннæ кодта искуы тыххæст. Уæд ын афтæ загъта Арсагæн уыцы изæр — æниу ма цæй изæр уыд, æрдæгæхсæвмæ бирæ куы нæуал хъуыд — ды, дам кæсæгтæ сдав Нартыдонæй, æз, дам, искуы ронг рацагурон. Æмæ йын цымæ уый фæстæ та цытæ дзырдта, фынгыл куы ’рбадтысты, ронг куы нуæзтой æмæ кæсæгтæ куы хордтой, уæд? Дзырдтаид уæддæр истытæ, æппæлой ныхæстæ кодтаид. Уæдæ дын æй, мацы дзура, афтæмæй уагъта ронг Хъобайы! Ныр куы ныздæхой Цатыбæрзондæй, уæд æм æнæ ба- уайгæ нæй Хъобамæ — рынчын у, æмæ йæм рынчынфæр- сæг бауайдзæн. Æмæ йын уæд дзæбæх бакæсдзæн йæ ри-
Нарты Фарнсег 171 хитæм æмæ бæрæг уыдзæн, цæмæн ын афтæ æрбырыдыс- ты йæ рихитæ, уый. Хур Цатыбæрзонды сæрты æрбазылд, Хæрæнхохы ’рдсём фæуырдыг кодта æмæ, фæззæг Хæрæнхохы хус- сарыл цы хæрдгæхуыд пæлæз айтыгъта, уый тыбар-тыбур кодта, уыцы пæлæз — куы-иу ыл иу ран сирвæзти арт, куы — иннæ ран. Кæм-иу стыр арт йæхи мидæг æрбагыц- цыл и æмæ-иу айсысти йæ мидбынат, кæм та-иу гыццыл арт уылæнтæгæнгæ ацыди фæйнæрдæм, цады дур куыд ныппарай æмæ цады уæлцъар куыд ацæуа æмдымбыл уылæнтæгæнгæ фæйнæрдæм, афтæ-иу алыгъдысты уылæнтæ æмæ-иу гыццыл æртытæ, нырма ныртæккæ чи схæцыди æмæ æддиæутты чи азилынмæ хъавыди, уыдон йæ мидæг аззадысты æмæ-иу асыгъдысты. Сыгъди Хæрæнхохы Хуссар йæ сæдæ ’мæ æрдзæ æрты- тæй, хъулон-мулон дардта. Æмæ змæлыди уыцы хъулон- мулонæй, æмызмæлд кодта. Сæ хордзентæ дæр сæ уæхсчытыл, сæ сагъадахътæ дæр, афтæмæй лæууыдысты лæппутæ Луанылæгæты раз æмæ къухаууонæй кастысты Хæрæнхохы хуссармæ. Фарнæджы зæрдыл æрбалæууыд: Уæн фыццаг хатт^ис ацы ран æмæ куыд цæуы йæ зæрдæмæ ацы дуне? Йæ цæстытæ йæм базылдта Уæнмæ. Уæн ахæм лæудæй лæу- уыди æмæ зæххыл уæз кодта. Йæ бæрзæй бæрзонд дардта, дзæбидыр куыд фæдары йæ бæрзæй, афтæ æмæ-иу йæ цæстæангас Хæрæнхохы æртыты фæстæ куы^фæзылд, уæд-иу суæнгтæ абадтысты йæ бæрзæйы нуæрттæ. Йæ тъæпæн къух фидар лæууыд йе ’рфгуыты сæрмæ тахъайы болат ныхы хуызæн, æмæ йæ быны йе стыр цæстытæ æхсызгон змæлд кодтой æртыты фæстæ. Фарнæг æм касти Уæнмæ, æмæ йæ зæрдæ цины хæлбурцъ кодта æмæ йæм сдзырдта цины хæлбурцъгæнгæ йæ зæрдæ: цæй æмæ йæ Луанььлæгæты дзуæрттыл бафæдзæхса. Æмæ йæм бадзырдта Уæнмæ: — Æркæн-ма сыкъайы, Уæн. Уæн февнæлдта фынг æвæрынмæ. Фыццаг хæринæгтæ авæрдта нæууыл, стæй лалым сласта хордзены цæстæй, гыццыл сау лалым. Йæ урс зырнæйзылд къахы рæбын тымбыл рæхсæнæй биноныг баст. Фарнæг касти Уæнмæ, уыдта куыд æхсызгонæй æвна-
172 Хуыгаты Сергей лы хæринæгтæм. Зыдта — ныртæккæ куыддæр скува, афтæ куыд февналдзæн хæрынмæ. Уæдмæ йæм авæрдта сыкъа. Æмæ скуывта Фарнæг: — Уæ Луанылæгæты дзуæрттæ, уæ быны фыццаг хатт чи æрбалæууыд, æмæ уæ цæст хуыздæр фæндæгтæ кæмæн бауарзта, уый æмбал бакæнут мæнæ ме ’фсымæры дæр. Йæ фаты фындз сырд йеддæмæ адæймагмæ æнæбары дæр куыд никуы фæкомкоммæ уа, уыцы хорзы йын бацæут! Уæ бынты цæсгомджын æмæ æргъомджынæй куыд цæуа æмæ уын бур физонджытæй уæ ном куыд ара!.. — Æмæ фескъуыд йæ куывд, æмæ йæм Уæн кæсгæйæ баззад. Фарнæг дæр æм бакаст æмæ афтæ кæрæдзимæ кастысты, стæй йæм сдзырдта Уæн: — Цыдæр мæ ’мбæхсыс, ме ’фсымæр. Æвæццæгæн мæ ницы ныфс æвæрыс дæхицæн. Æмæ уым, йæ сыкъа йæ къухы, афтæмæй цыбырæй ракодта уыцы цæф лæппуйы хабар Уæнæн. — Цы баци афонмæ! Æз дыккаг бон раздæхинаг уыд- тæн. Кæд амарди афонмæ, мыййаг, уæд ма дзуары бын цы цæсгомæй балæууыдтæн?! Æмæ Уæн фынг исынмæ æрæвнæлдта. Хур арвы астæу лæууыд, афтæ схæццæ сты Цатыбæр- зондмæ. Сæ риуы дзаг улæфыдысты уыцы фидар уæлдæ- фæй, афтæмæй фæуырдыг кодтой атагъамæ. Уайтагъд ныххæццæ сты, лæппуйы кæм ныууагъта Фарнæг, уыцы ранмæ. Мусонг разынд пырх. Лæппутæ кæрæдзимæ кæс- гæйæ баззадысты: чи йæ ныппырх кодта? Чи йæм æрцыди ацы æдзæрæг ранмæ? Ноджы диссагдæр та уый уыди мæ халагъуды хæлддзæгты бын нæдæр йæ удæгас разынд лæп- пуйæн, нæдæ^ йæ мард. Кæдæм æй фæхастæуыд, чи йæ фæхастаид?! Иæхæдæг цæуынхъом фæуыдаид æмæ куыд фæуыдаид, уонг дзы уонгыл куы нæуал хæцыди! Стæй, гъа фæуæд цæуынхъом дæр, фæлæ йæ халагъуд халыны сæр цæмæн бахъуыд?! Бирæ фæлæууыдысты уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй, бирæ фæкастысты мусонджы пырхæнтæм. Æмæ хъуыстой фæйнæрдæм — хъуыстой, фæлæ иу сыбыртт никуыцæй цыд (сæ хъустыл, атагъа цы уыди, уыцы æнæкæрон атагъа — æдзæм дзы бабадт, адæймагыл йе ’бæлвырд æмæ йе ’нæ- сгæрстæй тас чи æфтыдта, ахæм æдзæм æмæ йæ быны
Нарты Фарнсег 173 джихтæ кодтой лæппутæ. Æрæджиау феггуырсти йæ бына- тæй Фарнæг, сыбыртт дзы не схауд, афтæмæй — уым бабæ- рæг кæной, арс æй кæм баныгæдта, стæй йæ уый кæцæй рахаста. Фарнæг, уыцы дзыхъхъ. Йæ фæдыл змæлыди Уæн дæр. Дзыхъхъ афтид разынд, æмæ та уым дæр лæугæйæ баззадысты лæппутæ — цы ми бакæной? Агурой йæ æмæ йæ кæм агурой ацы æнæкæрон атагъайы? Ма йæ агурой æмæ йæ куыд ныууадзой?! Уыцы хъуыдытæ сыл æнцадыс- ты æнæкæрон æдзæмимæ æмæ сæ дзæбæх улæфын нæ уагъ- той. Уæддæр агурын хъæуы — скарста Фарнæг, æмæ раст уыцы цæстыфæныкъуылд йæ хъустæ ацахстой цыдæр æнæ- уд уынæртæ. Фæлæ уайтагъд сæ кой дæр нал фæзынд уыцы стыр атагъайы. Лæппутæ æдзæм-æндзыгæй баззадысты — бæргæ иухатт ма куы фехъуысид исты уынæр! Фæлæ нæй, ницуал хъуысти. Æрмæст ма уыцы æнæкæрон æдзæм йæ- химидæг фæлмæн сæр-сæр кодта, хусæй ссывд чи æрцæуы, уыцы холлаг куыд фæсæр-сæр кæны мæкъуылы мидæг, афтæ, æмæ сæм уый зына-нæзына хъуыст. — Адон нын иууылдæр арсы митæ сты, — загъта æрæ- джиау Фарнæг, æмæ йæм Уæн кæсгæйæ баззад. — Му- сонг дæр арс фехæлдта, лæппуйы дæр арс ахаста. Йе ’мбæх- сæны йæ куы нæуал ссардта, уæд йæ фæд-йæ фæд ссыди мусонгмæ, уым æй куы баййæфта, уæд мусонг ныппырх кодта, лæппуйы раккой кодта æмæ йæ рахаста фæстæмæ. — Стæй? — йæ цæстыты уæлтьыфæлтгæ сæ тыбар-тыбу- рæй нал æнцадысты Уæнæн. — Стæй йæ фæстæмæ нынныгæдта кæмдæр. Уыцы уысм кæцæйдæр иу уæззау улæфт фæцыди, фаты æхситт куыд фæцæуа, афтæ. Æмæ нызгъæлæнтæ ис æгас атагъайы æдзæм уыцы улæфтæй æмæ сæ алыварс æгæн- дæг хæмпæлтыл куыд згъæлыдысты æдзæм згъæлæнтæ, уымæ хъусгæйæ баззадысты. Афтæ ахаста иу-цалдæр уыс- мы, стæй уæлæрдæм аппæрстой сæхи лæппутæ — уæлæр- дыгæй æрыхъуыст уыцы уæззау улæфт. Иу гуыбыр фæр- вы бын ссардтой лæппуйы. Йæ уд ма йæ мидæг уыд, фæлæ йæ буар уазал кæнын байдыдта. Нывнæлдтой йæм, пых- сыты бынæй йæ сластой. Йе ’фсæртæ ауадысты, æмæ йын сыл ахæцын бахъуыд, цæмæй йын ронг ауагътаиккой йæ хъуыры, уый тыххæй. Фæлæ лæппу нæдæр змæлгæ ба- кодта, нæдæр йæ улæфт фендæргъуызон и. Дзуццæджы
174 Хуыгагпы Сергей бадти Фарнæг, лæппуйæн йæ уадултæ куыд ныссау сты, уымæ каст, афтæмæй хъуыды кодта — ныр хъуамæ фæс- тæмæ фæцæйздæхиккой, сæ дзаг къæссатимæ хъазуатæй цæуиккой сæхимæ. Уымæй хуыздæр ма цы уа! Сырдыфыды æргъом раккой кæн æмæ дæ хæдзармæ цу! Фæлæ дард уыди уыцы хъуыддаг лæппутæм, адæймаг- мæ йæ бæллиц куыд дард вæййы, афтæ. — Куыд зæгъыс, ме ’фсымæр — цы ми бакæнæм? — йæ цæстытыл схæцыди Фарнæг. — Адæм ме ’фсымæры фæфæрсынц, цы ми бакæной, уымæй, уый та дзы мæн фæрсы? — æнæ къуылымпыйæ йæм бадзырдта Уæн. — Хуыцауы æвастæй ницы гæнæн и. Иугæр ыл мах бафтыдта ацы мæгуыр цуаноныл, уæд æй цыдæр ныфс и махæй. Æмæ нæ сæр бахъуыди. Кæд ма фервæза, уæд уый хуызæн, кæд нал фервæза, уæд-иу ын нæ фыдæбон хæлар уæд. Нæ зын Луанылæгæты онг. Стæй йæ уым пыхсыл сæвæрдзыстæм æмæ йæ пыхсыл аласдзыстæм, уырдыг уыдзæни ’мæ. 13 — Абон майрæмбон у, Фарнæг. — Æмæ цы кæны, Уæн? — Чынтæм хъазт уыдзæн. — Æмæ? Уæн ницуал загьта, йæ месты хъустыл радыгай хæрдмæ схæцыд — месты хъустæ æмыдынг бадтысты йæ хæцъæф- джын зæнгтыл. Схæцын сыл нæ хъуыди, фæлæ дзургæ ницуал скодта Уæн æмæ сыл уымæн схæцыди. Лæппутæ лæууыдысты кæрты бæрæг астæу. Хъарм бон уыди, зымæгæн æнæ ралæугæ куынæуал вæййы, уæд ма цы хъарм бонтæ скæны, уыдонæй — хъармдарæнтæ нæма дардтой æмæ сæ куырæттæ æнгом бадтысты сæ фидар уæнг- тыл. Хуры рухсмæ уæлдæфы хъармы ивылдысты, саджы- сæт кæй хонынц, уыцы мæнгуд хызгæндтæ æмæ лæппуты сæрты сæ уæздан уылæн змæлдæй дæлæмæ, чынты ’рдæм цыдысты æрвон хæрдгæбыдты хуызæн. — Искуы уыдтæ чынты хъазты, Уæн? — уæлæмæ кас- ти уыцы хызгæндтæм, афтæмæй бафарста Фарнæг.
Нарты Фарнæг 175 Уæн дæр скасти уæлæмæ, акасти дæлæмæ чынтырдæм дæр æмæ загъта ныллæг хъæлæсæй: — Цæмæннæ. — Æмæ дзы цы ми кодтай? — Кастæн. Чи кафыд, уыдонмæ кастæн. — Ды дзы никуы ракафыдтæ? — Никуы дзы ракафыдтæн, — загъта Уæн. — Фæлæ мын дзы ныр æнæ ракафгæ нæй. Фарнæг фесхъиудта — уæдæ ма йын Арсаг дæр афтæ- тæ дзырдта, нырма, дам, дзы никуыма ракафыдтæн, фæхъа- вын, дам, асæррæтт ласон, фæлæ, дам... Æмæ лæугæйæ баззади Фарнæг. Йæ зæрдæ йæ нæ хас- та чынты хъазты кой кæнын. Æмæ ныхасыл иуварс ахæ- цыд — цы сæ бафтыдта чынты хъазтыл, цы! — Рагсом нæ хъæмп æрбаласæм мусæй, арвистон саразæм æмæ йæ мидæмæ бакалæм, зыгуымдонмæ. Афтæ хуыздæр нæ уыдзæн? — Уыдзæн. — Ныр нæ нæ фыдызгъæл дæр сисын хъæуы цæхдо- нæй æмæ йæ хурмæ аппарæм. Ацы хурмæ фыдызгъæл фæлмæн кæны æмæ хæрзад. — Сисдзыстæм æй, цас сисинаг у. Уыйбæрц дæр нын куы уаид сисинаг фыдызгъæл. Цы ма загътаид, уый нал зыдта Фарнæг æмæ уæд афтæ бафарста, æнæуи: — Уæрхтæнæг кæдæм ацыд? — Æхсæртæггатæм. Ныхасы, дам, абадон, хъарм, дам, у ’мæ. Æмæ æрлæууыди Фарнæг. Цы ма йæм бадзырдтаид, цæмæй ма йæ бафарстаид! Æмæ йæм уæд чъызгæ бадзырд- та Уæн йæхæдæг: — Фæндыр дæр куы ахæссин мемæ, уæд куыд уаид? Фæндыры коймæ бацырд и Фарнæг: фæндыры кой куы уа, сæ ныхасы, уæд сын, уыцы æхсæв Арсагимæ цы ныхас уыд, уый хуызæн нæ уыдзæн. Бакасти Уæнмæ, Уæнæн йæ цæстыты цыдæр æнахуыр арт сыгьди, кæд дæ фæнды — хæстæг балæуу лæппумæ æмæ йæм батав уыцы артмæ дæхи. Æмæ цины рæхуыс- тьггæ скодта йæ зæрдæ Фарнæгæн: искуы уый æнхъæл уыди, æмæ Уæны цæстыты ахæм арт ссудзгæ фендзæн! Бахудти Уæнмæ æмæ йæм йæ сæр разыйы тылд бакодта.
176 Хуыгаты Сергей — Фæндыр дæр рахæсс. Фæлæ уæд æрвгæнæны дæгьæл Сагинæмæ бадæттæм, æндæра уæд та Лала исты кодта. — Æри бадæттон æм æй, — батагъд кодта Уæн. — Нæгъ. Цом, бакæсæм уал æм. Лала схуыдтой лæппуйы — исты номæй йын хъуыди кæнын йæ кой, æмæ уый сæ разы фæци, уыцы ном, цыма се ’рвгæнæны бын хаугæ æркодта искæмæй. Лæппу уæлгоммæ хуыссыди тæрхæгыл æмæ уæззау улæфыд. Йæ рахиз къах уыди уæлæмæ хъил æмæ дыууæ раны цармæ гæрзытæй баст, иннæ къахыл йæ агъды рæбынæй йæ зæнджы фæтасæнмæ уыди фæрчытæ æвæрд. Фæрчытæ — рагон сау гæрзытæй æлвæст тыхт. Фæрчытæ æвæрд уыди йæ галиу цонгыл дæр. Къуырийæ фылдæр рацыд, куы йæ æрхастой, уæдæй, фæлæ нырма нæдæр цæстæй ракасти, нæдæр дзыхæй сдзырдга. Цы æхсæв æрхæццæ сты Цатыбæрзондæй, уыцы æхсæв æм Кæнты æрбакодтой — æргом хъæдгоммæ базилынæй Кæнты ничи æййæфта нартæй чынтæм. Æмæ йæм цынæ- хуызон хостæ уыд! Фæсыгъдæг ын кодта йæ хъæдгæмттæ, фæсæрста сæ, уый фæстæ сæ иутыл дугъысыфы быгъуы байзæрста, иннæтыл — дзыккайы сыфы быгъуы æмæ сæ бабаста. Стæй загъта лæппутæн: — Мæ бон ын æндæр ницы у. Стджыты сæстытæн уын мæнæй ницы пайда и. Саст æвæрынмæ йæ артыл дон ауадзæд дæллагхъæуккаг Зæрисæр! Уый саст сæвæрдта, уайтагъд ныхæсынмæ фæвæййы. Æмæ уæ уый куы уаид. Фæзæ- ронд и, фæлæ кæд нæ базивæг кæнид. Æмæхсæвæджы фæраст и Дæллагхъæумæ Уæн æмæ бо- ныцъæхтыл æрбахæццæ сты Зæрисæримæ. Зæрисæр æй фæрафæлдах-бафæлдах кæнын кодта тæрхæгыл дæлгоммæ- уæлгоммæ, йæ зæнгтæ æмæ йын йæ цæнгтæ фæраиваз-баиваз кæнын кодта, кæмдæрты йын сæ къæрттытæ дæр ныккодта йæ къаннæг сыкъафистон кардæй, уый фæстæ йын йæ уæраг æмæ йæ цæнгтыл фæрчытæ сæвæрдта. Къах цармæ æрцауындзын кодта. Стæй бандон æрцагуырдта, лæппуйы раз æрбадги æмæ йын йæ гуыбыныл фæныххæц-ныххæц кодта, фæхъуыста йын йæ гуыбынмæ, стæй загъта лæппутæн: — Иу амонд æй уыд, æмæ туг нæ ныттагъди йæ хуылф- мæ. Æмæ хуылф сыгъдæг куы уа, уæд лæджы бон бирæ у. Ныр афтæ бакæнут æмæ ронгыл зыгъарæджы сой бантаут
Нарты Фарнæг 177 æмæ йын уымæй алы райсом дæр сыкъайыдзаг уадзут йæ хъуыры. Изæры та йын басы цалдæр хуыппы дæттут, куы уа, уæд дзæбидыры бас, гыццыл ыл саджы маст хæццæ кæнут, афтæмæй. Уæдæй нырмæ йæм Кæнт алы бон дæр цæуы, куы йын исты раивы йæ бæстытæй, куы — нæ. Зæрисæр дæр æм æртыккаг бон æрбаздæхт. Бирæ фæракæс-бакæс кодта, фæрчытæ куыд æвæрд сты, уымæ, фесмыста йын йæ бæс- тытæм. Уый фæстæ загъта: — Куыд рахатыдтон, афтæмæй ай иу арсы над нæу. Дыууæ фæлтæры над баййæфта, иу — раздæр, иу — фæстæдæр. Æмæ, раздæры цæфтæ чи сты, уыдон гыццыл мæрдзæдæв скод- той. Æнæуи ма, кæд исты зонын, уæд сæстытæ раст æвæрд æрцыдысты, æмæ саст раст æвæрд куы ’рцæуа, уæд уый хорзу... Бирæ фæлæууыдысты йæ уæлхъус Лалайæн. Йæ цæс- гоммæ йын кастысты, фæлæ царды нысанæй ницы зынд йæ цæсгомыл. Æддæмæ куы рахызтысты, уæд æрвгæнæны дæгъæл айста Уæн Фарнæгæй æмæ Дургомтæм базилæны фездæхт. Æхсæртæггаты лæзгъæры нæма фæуырдыг кодтой, афтæ бафиппайдтой — Ныхасы цыдæр бирæ адæм уыд. Стыр- бон ма уа, къатыбон уа, æмæ уыйбæрц адæм нымбырд уа ныхасмæ! Хистæртæ бадынц, кæстæртæ сæ разы лæууынц дæргъæй-дæргъмæ рæгъæй. Æмæ æрлæууыдысты лæппутæ лæзгъæры сæр. Кастыс- ты дæлæмæ, Æхсæртæггаты хъæумæ. Рагърæбын уыцы хуссарвæлдæхт уæлвæзы райтынг и хъæу. Хъæуы астæу, тæккæ бæрзонддæр бынаты арвмæ фæцыди мæсыг, кæд- дæр-иу йæ сæрыл хъаггæнæг лæууыд мæсыгæн, мæсыг- гæс. Ныр дзы ничиуал фæлæууы. Рагæй дæр нал у фæтк, исчи мæсыджы сæр лæууа, уый. Æмæ нæ фидауы мæсыг æнæ мæсыггæсæй. Далæ Уырызмæджы хæдзар — бæрзонд цыппæрдигъон. Йæ уæлхæдзарæй рахизæн арæзт, мæсыг кæм и, уыцырдæм. Уырдæм рахизы уæлхæдзарæй йе ’ртæ мыдамæстимæ Сатанæ Хуыцаумæ скувынмæ. Йæ цæстытæ, зæрватыччы лæппынтæ ахстонæй куыд ракæсынц сæ мады ’рбатахтмæ, афтæ ракæсынц йæ сатæг-сау æрфгуыты бынæй, арвмæ сдарынц сæхи, йæ дзуæрттæн лæгъстæгæнæн былтæ базмæлынц: «Хуыцæутты Хуыцау, мæхи дзæбæх Хуыцау!» 12 Хуыгаты Сергей
178 Хуыгаты Сергей Æмæ кæм и дунейыл ахæм Хуыцау, æмæ уымæ чи нæ бай- хъуса! Хицæн кæны Уырызмæджы хæдзар иннæ хæдзæрттæй. Йæ ердойæ фæздæг куыд гуылф кæны, уымæй дæр бæрæг у, йæ алыварс цы хæдзæрттæ ис, уыдонæй бонджындæр кæй у, цæрæгдæр. Уалынмæ лæппутæй гыццыл фалдæр былыл алæууыд фидиуæг Мæйгæс, æххæст нæма ’рлæууыд, афтæ йæ хъæр фæцыд, æмæ бæстæ байдзаг и йæ хъæрæй. Лæппутæ йæм кæсынтыл фесты: кæцæй — дзы стæхы уыцы хъæр, кæм дзы бацæуы! — Уæй, абон майрæмбон, иннæ майрæмбон Æхсæртæг- гаты Уырызмæг куывд кæны, балцæй æд фосыконд кæй æрыздæхт, уый охыл! Цæуынхъом чи у, уый цæугæ ракæ- нæд, цæуынхъом чи нæ у, уый хæсгæ ракæнут! Нæ фе- хъуыстон мачи зæгъæд! Йæ фæстаг дзырд дыууæ дихы фæци æмæ афтæ дыууæ дихæй нæргæ ацыд уым дæлæмæ хъæуы сæрты. Мæйгæс ма гыццыл алæууыд æдзæмæй, цыма, йæ хъæр куыд зæлы, уымæ хъуыста, стæй æруад сæ фæрсты Фар- нæг æмæ Уæнæн, иу æнæвдæлон каст сæм фæкодта фæс- тæмæ. Лæзгъæры чыс йæ фæдыл лæсти æмæ йын йæ къах- дзæфтæ æмбæрзта. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты — кæд Уырызмæг æр- цыд, уæд уыдон афонмæ дæр хъуамæ уым уаиккой — исчи сын куы нæ у! Æмæ фезмæлыдысты. Фæндаг-фæндаг нал азылды- сты, фæлæ Мæйгæсау лæзгьæры гом-æгæрцыл фæуырдыг код- той. Исдуг сæхи урæдтой, стæй сæ сæ уæз ахаста æмæ худгæ- згьоргæ уайтагьд рæбыны балæууыдысты. Уым ауыдтой — Дзыхыдонæй хъæумæ тæссæртты цы фæндаг бадаргь и, ууыл Æхсæртæггаты дондзаутæ дон фæхæссынц. Уыйæппæт чызг æмæ чызг-ус адаргъ сты уыцы тынг фæндагыл, сæ тавицы цы- дæй фæцæйцыдысты — уыцы æнæхæлгæ цыдæй, æмæ иу фæкастæй афтæ зынд: кафгæ кæнынц. Уддзæф сын сæ къаба- ты фæдджитæй хъазыд, æвнæлдта сын сæ къабаты фæдджи- тæм йæ уæздан æвнæлдæй, æмæ пæр-пæр кодтой фæдджитæ уæрджыты уæлæ. Хатг-иу тыхджындæр æрбаулæфыд уддзæф, фаедцжитæй-иу уæрджыты ’хсæн амидæг, фæхæцыди-иу фæд- джитыл уæлæмæ, æмæ-иу иу цæстыфæныкъуылдмæ гомæй аз- задысты уыцы бæрзонд уæрджытæ.
Нарты Фарнæг 179 Диссаджы хъазт уыди уый, æнæфенгæ рæсугъд хъазт, æмæ йæм кæсгæйæ баззадысты лæппутæ. Æмæ æрфæндыд Уæны, тынг æй æрфæндыд — ныр ам иу дурыл æрбад, фæндыр дæ уæрагмæ æруадз æмæ ныццæгъд, афтæ ныц- цæгъд, æмæ дзы уартæ уыцы сылыстæджы уæздан цыд куыд разына, сæ къабаты пæр-пæр дзы куыд райхъуыса, сæ бæрзонд зæнгтæ куыд фæзынынц сæ къабаты фæдджи- тæй, уый дзы куыд ахса цæст. Уддзæфы улæфт дзы зæр- дæмæ куыд хъара... Уæдмæ, къахвæндаг æрдыны хуызæн кæм æрбатасыд донырдæм, уырдæм æрбахæццæ сты дондзаутæ, æмæ фед- той лæппутæ: кæд Сатана нæ цыди дондзаутæн се ’ппæты фæстæ æмæ бадис кодтой — ^Сатана уа æмæ фæсте цæуа! Æмæ йæм кæсынтыл фесты. Йæ нарæг астæу — раст цыма чындздзон чызджы астæу уыд, афтæ нарæгæй баззади — тасыди, Сатана куыд цыди, афтæ уыцы ’нæнкъуысгæ цы- димæ тасыди, тасыди уыцы æвæлмæцгæ аив тастæй æмæ зæрдæ йæхимæ скъæфта. Йæ урс-урсид кæлмæрзæны бы- нæй æрдаргъ сты йæ сатæгсау дзыккутæ дыууæ цонджы стæвдæн быдæй, йæ астæуæй фæдæле сты æмæ хъазыдыс- ты астæуы ратас-батасимæ. Кастысты лæппутæ дондзаутæм æмæ нывыл цæуын нал зыдтой, амцæф-уымцæф къахдзæфтæ кодтой уыцы дур- джын фæндагыл. Уæдмæ фæтæссар кодтой дондзаутæ, сæ урс къæртатæ сæ уæхсчытыл, сæ урс къабатæ сæ пæр-пæ- рæй нал æнцадысты, æмæ зæдты хуызæн зындысты, цыма Хуыцауы размæ фæцæйцыдысты уыцы урс-урсид арæз- тæй... Уырызмæг бадти лæгты астæу. Йæ рахиз фарс хистæр- тæ бадтысты — Хуро æмæ Еухæритæ, йæ галиу фарс — кæстæртæ. Лæппутæ йæ размæ бацыдысты Уырызмæгæн, сæ рахиз къухтæ тымбылæй сæ зæрдæтæм бахастой, сæ сæртæй йын акуывтой. Уырызмæг цыдæр дзырдта, йæ ныхас фæурæдта, йæ сæрæй рæуæг акуывта лæппутæн æмæ йæ дæллаг фарс бадæг Кæнтмæ аздæхти. — Фарнæджы зонын, Фарнæджы та куыд нæ зонын. Фæлæ а иннæ чи уа? Дзæбæх лæггаджы каст кæны, чидæ- риддæр у.
180 Хуыгаты Сергей — Уый Уæн у, йе ’фсымæр Фарнæгæн. Йæ фаззон æфсымæр. — Уæн, а? уæн, уæн. — Гæр, æмæ Уæн йæ уат куы никуы систа, уæд ыл уыцы къабæзтæ кæм базадысты? Хуыцау, ды мын мацы кæ! — Уæдæ! Сæндидзыдта. Цыдæр Хуыцау нын æххуыс кодта, нæ кувинаг ын барст фæуа! — Мæнæ — уæрæйдæ! Уырызмæг ма цæмæйдæр хъавыд афæрсынмæ Кæнты, фæлæ йæм уæдмæ Еухæр йæ цæстытæ æрбазылдта. — Уырызмæг, мах дæумæ хъусæм, дæумæ, æмæ дæ ныхасы куыст кæ, цъыссс! — Дæлæ Уæны нал базыдтон æмæ уымæй афарстон мæнæ Кæнты. — Гæррæтт, лидзгæ никуыдæм кæны, ам уыдзæни Уæн. Фарнæг йæ цæстытæ нал иста Уырызмæгæй — йæ хуыз куыд скалдта! Знон æрцыдаид, абон не ’рцыдаид. Дысон ам уыдаид. Уæдæ, дысон ам куы нæ уыдаид, уæд йæ хуыз афтæ скалдтаид! Фæхæццæ йæм и Сатанайы кæлæнгæнæг узæлд. Хæрзаг æй, цы фæмысыд, цы цинтæ йын фембырд кодта йе ’рцыдмæ, уыдон дысон фемæхстысты æрсдонау! Фыццаг æй нагъы арынджы цынадтаид, хорз æй ныссæр- фтаид хуысар хисæрфæнтæй, стæй йæ уатмæ акодтаид æмæ та-иу ын йæ тымбыл даргъ цæнгтæ йæ бæрзæйыл атыхтаид æмæ-иу адымстаиккой йæ бæрзæйы нуæрттæ Уырызмæ- гæн, æмæ сæ туг дзæхстгæнгæ уылæнтæ систаид хæссын. Йæ бæгънæг тæрттæ — сæ хæнт урсæй цæстытæ кæмæ нæ лæууынц — улæфыдаиккой сæ тæрк улæфтæй æмæ, цыма ронг нуæзта, уыйау расыг кодтаид уыцы тæртты улæфт Уырызмæджы. Йæ хуры тынты хуызæн хъарм æнгуылдз- тæ-иу аныхстаккой йæ боцъойы, апыхцылтæ-иу ын кодта- иккой йæ боцъо æмæ-иу кæл-кæлæй худтаид, æмæ-иууьщы худт, суадоны цыхцыр йæ бынмæ цы хæрзæхсад дуртыл ныппырх вæййы, уый хуызæн ныппырх уыдаид Уырыз- мæджы риуы фæйнæгыл. Стæй-иу февнæлдтаиккой боцъо- мæ уыцы кæлæнгæнæг æнгуылдзтæ, æрфастаиккой-иу æй, æрлæгъз-иу æй кодтаиккой, æмæ та-иу сфидыдтаид фæс- тæмæ боцъо... Уæдæ дондзаутæн дæр сæ фæстæ уымæн цыди, уымæн
Нарты Фарнæг 181 Сатана — къæмдзæстыг уыди: нæ йæ зыдта уый æппæт сылы- стæг, йæ даргь балцы фæстæ цы митæ кодтаид Уырызмæгæн, уый! Æмæ йæ цæсгом нæ хъæцыд размæ ралæууын. Цард ын баулæфыд йæ уæнгты иунæг æхсæвмæ, йæ къæхтыл слæууыд лæг, æмæ къæмдзæстыг кодта уымæй — ахæм кæлæнгæнæг тых æм кæй ис, уымæй. Уæд цы хуызæн уыди Уырызмæг, Бæргъуаны сыгъд галуанмæ сæм куы æрбацыди, уæд! Æмæ мæллæг бирæ дæр свæййы, фæлæ уый уазалысмаг скодта, мæнæ, æдзæ- рæг хæдзар куыд скæны уазалысмаг, афтæ, гъе! Ныр цыдæр хабæрттæ кодта Уырызмæг. Куы йæм байхъуыстаид, уый йæ фæндыди Фарнæджы, фæлæ йæм нæ фæрæзта хъусын йæхи цинæй Уырызмæгæн. Уæддæр æм гыццылгай хъуысын байдыдта ныхас: — Æддæмæ рахиз, уæртæ тъыссæн хæрæг, ды кæмæй ахъазай, уый дын ам нæй. — Ныр æм дзургæ кæнын, фæлæ мæ уды гæртт-гæртт цæуы — куыд хæцдзынæн йемæ! Уыцы æнаккаг мæликк мын мæ туг банызта, мæнæ раздæр ахсты кæмæ фæдæн, уый. Уæддæр мæхи æрцæттæ кодтон, уæдæ цы уыдаид. Уалынмæ фегом и дуар æмæ расæррæтт ласта, йæ кард йæ къухы, афтæмæй. Ныр кæрдтæ куыд нæ фед- тон, фæлæ — уыйас кард! Уæ змæлæг дæ ма баззайа! Кæд дыууæ ивазны нæ уыд, уæд мæ дыууæ комы Хуыцау фæ- кæнæд. Йæ расæррæтт æмæ мæ карды ныззылд баиу сты. Кард йæ фарсы тæнæгмæ бæргæ бацыд, загътон — фæ- дыууæ и лæг! Фæлæ йæ къуырма къæрцц ма фæцæуа кар- дæн! Кæд ыл нæ уыди лæгыл галгæфы цармæй конд гуыр. Мæ уæнгтæ æрызгъæлдысты — хæрдзæни мæ! Уæдмæ мыл уæртæ æрбаскъæры йæ кард. Мæ зонд ма уый ацахста, æмæ зæххыл фæтъæпæн дæн. Кард æхситгæнгæ атахт мæ сæр- ты. Æмæ уæд дзуццæджы бадгæйæ ма ныззилон мæ кард! Ныззыв-зыв кодта мæ тесмел кард æмæ йын йæ дыууæ зæн- джы сурæй атæхын кодта, мæнæ цыма сæнчытæ уыдысты. — Багъæц ныр! — хъæрæй загъта Еухæр. — Уæдæ! — хъæрæй загъта Уырызмæг йæхæдæг дæр. — Фестадтæн æмæ кардæлвæстæй ныззылдтæн йæ алыварс, кæд æй фæсацæф фæкæнин. Фæлæ кæм! Æз куыд зилын, афтæ зилы уый дæр. Йæ зæнгтæ годзыкъæхтау зæххы ныхсынц, сæ туг лæсæнтæ кæны, уæддæр куы ныззилы! Иуафон æй фæсайдтон — уый иуырдæм куы фæци, афтæ
182 Хуыгаты Сергей йæм иннæрдыгæй фæцарæхстæн. Йæ бæрзæй йын ныссæрф- тон, æмæ дæ балгъитæг афтæ — зæххы абадти йæ сæр. — Гъæ-и! — хъæрæй та загъта Еухæр æмæ йе стыр мус- тучъи ныттылдта. Уырызмæг ын фыццаг йæ мустучъимæ бакасти, стæй — йæхимæ, æмæ та аздæхти йæ ныхасмæ. — Галуаны æрвгæнæнтæ ратыдтон, ахст адæм цæуын байдыдтой, цæуын байдыдтой — зæххыл уæз кодтой, уый- бæрц уыдысты, гъе! Цæсты хуынчъытæ ма сæ зынд, æн- дæр ницы — дуррыг æмæ сыл артсæг фæбадти. Æз сæ рауагътон, уый базыдтой æмæ мæ разы æркалдысты сæ зонгуытыл. — Уæ нæртон лæг, — дзурынц мæм. — Ам цыдæрид- дæр ис, ацы галуанты, ацы бæстæйы — иууылдæр мах тугвæллойæ сты æмæ сæ мах дæ бар кæнæм. Ды сын цы зæгъай, уый уыдзæн. Æз сын арфæ ракодтон сæ уæздан ныхасы тыххæй. Стæй рæгъæуттæн сæ дзæбæхтæй цалдæр рахицæн кодтон — бæхрæгъæуттæ ’мæ хъомрæгъæуттæй — лыстæг фос уыр- дыгæй ардæм се скъæрыны аргъ не сты. Иннæты сын сæ- хиуыл байуæрстон. Галуаны цы уыд, уыдон дæр сын ныу- уагътон сæхицæн, бирæйæ бирæгъ дæр не ’фсæды. Æц- цæй, афтæ нæу, Хуро? Хуро цыма уыцы ныхасмæ каст, йæ боцъойыл йе ’нгуылдзтæ æруагъта æмæ бакодта: — Афтæ у, мæ уд, афтæ. Уæд та Еухæр дæр аздæхти Уырызмæгмæ. — Ныр сæм уæддæр кæдмæ æнхъæлмæ кæсыс, кæд хъуамæ зыной? — Рæгъæуттæй зæгъыс? Рæгъæутты хъуыддаг афтæ у ’мæ рагсом куы нæ зыной, уæддæр иннæбон ам уыдзысты. — Ма дын сæ ныппапылой кæнæд уыцы рæгъаугæстæ, уый хуызæн цæттæ фæллой. Уырызмæг йæ сæр батылдта. — Куыд нæ мын амæлдзынæ! Æз сæ цы ранæй фервæ- зын кодтон, уый фæстæ уыдонæй исчи мæ хъыджы цæуы! Сæ сæртæ мæлæтмæ ратдзысты, уыдонæй иу сæфтæг фе- сæфыны бæсты. Мæнæ сæ фендзынæ. Куывды фаг сын сæ дзæбæхтæй равзардзыстæм стуртæн — æниу фæндагыл ма фæмæллæг уæд, уыййеддæмæ сæ цæрмтты нæ цæуынц,
Нарты Фарпæг 183 афтæ хæрзхаст сты, гъе. Уыртт-уыртт кæнынц раст. Ин- нæты байуардзыстæм. Уаргæ та афтæ ’мæ мæгуыртæн — фылдæр, цæрьщхъом чи у, уыдонæн — къаддæр. Раст нæ фыдæлтæ куыддæриддæр уæрстой, афтæ, гъе! Уыцы рæстæджы гомсæр æмæ ронбæгъдæй Ныхасы балæууыд Сырдон. Худ ыл куы вæййы, уæд афтæ фæзыны лæгмæ — ных дæр ын ис Сырдонæн æмæ йын худы мидæг ис йæ ных. Ныр ыл худ нæ уыд æмæ бынтон дзæбæх зын- ди — æппындæр ын ных нæ уыд. Йæ бур тæнгъуын æрф- гуыты тæккæ сæрмæ, ных кæм вæййы, раст уыцы ран раз- мæ ныддаргъ сты йæ хъæбæрхъис сæрыхъуынтæ. Куы æрлæууыди, уæд йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæхъил кодта, халон куы æрбады, уæд ма уый дæр иу хъил афтæ фæкæны йæ базыртæ, стæй сæ йæ тæнæг фæрстыл æрæппæрста æмæ багуым-гуым кодта: — Нартæ абон федтой кæрæдзийы, æви сын сæ хæ- дззерттæ мæстад скодтой! Йæ ныхасмæ йын ничи уыйбæрц æрдардта йæ хъус, æмæ та уæд нæуæгæй багуым-гуым кодта: — Кæнты хæрæг сихоры уаст уартæ кæд æмæ кæд ныккодга, адон ма уæддæр бадынц. Æмæ йæм уæд Кæнт уæлæмæ скасти йæ бадæнæй. — Цы дæ фыд Гæтæджы раз фæлæууыд мæ хæрæджы сæр! Цы бафтыдтæ мæ хæрæгыл?! Фæцæуы-æрцæуы æмæ та — мæ хæрæг! Æмæ йæ ныхас та халоны хъуахъхъæй уæлдай нæу. — Мæ ныхасæй йын бæргæ ницы уыдзæн. Цы йын уа, уый де ’гуыдзæгæй. — Гъеныр амæ куы феххæлон, уæд мæн аххос у?! — йæ цæстытæ асырх сты Кæнтæн, фæлæ уæдмæ Сырдон йæ сыллынк цыдæй уартæ фæуайы, æмæ йын уый дæр хъыг уыди Кæнтæн — дзургæ йæ куыд ныууагъта! Æмæ Сыр- дон куыд цыд, афтæ йын йæ сырх цæстытæ йæ фæдыл хаста. Фалдæр лæппуты ’хсæн фæлæууыд Сырдон, æмæ та багуым-гуым кодта уым дæр: — Диссæгтæ, диссæгтæ! Алчи цуанæй сæрджын саг æрхæссы, адон та дзы сæрджын знаг æрхастой. Лæппутæ йæм фыццаг æнæуи бакæстытæ кодтой — Сырдон кæй цуры æрлæууыдаид, уый йæм æнæ бакæсгæ куыд фæуыдаид. Стæй йæ сæ чидæр афарста:
184 Хуыгаты Сергей — Цæй сæрджын знаджы кой кæныс, цæ, Гæтæджы фырт? Дзæбæх ма йæ зæгъ. — Агъæц, базондзыстут æй, мæ зæгъын уын æй нал бахъæудзæн. Уæд æй æндæр чидæр афарста: — Æмæ йæ чи ’рхаста, зæгъыс? Уымæн бæстондæр дзуапп радта Сырдон: — Уæлæ Борæты лæппутæ, Уæрхæджы фырттæ, йæ чын- дзæй йын цы фаззæттæ райгуырд Уæрхæгæн, уыдон, гъе! Афтæ радзырдта, стæй йе ’нæных цæсгом арадав-бадав кодта фæйнæрдæм æмæ — уæртæ Уæн, йæ фæндыры агъуд йæ къухы, йæ ауындзæны йын йе ’нгуылдз атъыста æмæ йыл рог хæстæй хæцы. Уымæн агъуд нæй йæ фæндырæн, Сырдонæн. Стыр уыдзæни йæ агъуд æмæ йæ чи хæссы! Стæй дæр фæндыры агьуд цæмæн хъæуы? Фæндыр хъуамæ алкæмæ дæр зынгæ кæна! Фæцагайдта йæ сыллынк цыдæй æмæ йæ цуры балæууыд Уæнæн. Йæ фæндырмæ йын йæ къух бадардта. — Ацы куыдзсурæн та демæ цы рахæсс-бахæсс кæныс! Уæн зыдта: Сырдон ын йæ фæндырыл дæр не ’ввæр- сыд æмæ йæ зарджытыл дæр. Гыццыл фæлæууыди, Уæн- мæ бакаст æмæ та багуым-гуым кодта: — Алкæмæн йæ рынчын мæлгæ дæр акæны, махæн та къобор ныцци нæ рынчын. — Стæй, йæ роцъойы цъуппыл цы тæнгъуын боцъо уыд, уымæ сæвнæлдта, йæ уырзтæй йыл ныххæцыд æмæ фезмæлыд йæ бынатæй. Афтæ зынд — уæр- тæ йæ йæ къæхтæ сæхи зондæй фæхæссынц, æндæр уымæн ардыгæй ацæуыны хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Сырдон куы ацыд, хистæртæм куынæуал зынд, уæд Еухæр йæ гуыбыр бадтæй рахæцыд йæхиуыл. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, йæ дзæбæх зæрдæйыл уыд: рæгъæут- тæ ссæуынц — уас сын йæ ныфс ма байсæд Уырызмæгæн Хуыцау! Куывды хорз фæбаддзæн, уæдæ йæм дзы уæр- цæй дæр исты æрхаудзæн, æмæ адзырдта Уæнмæ: — Гъæуым ма искуы æрбад, уæ Уæрхæджы фырт, æмæ нын дæ фæндырæй ацæгъд. Исты дзæбæх цагъд нын акæн, мах дæм байхъусæм. Уæнæн йæхи дæр фæндыди — куы ацæгъдид! Æрдæ- бон дондзаутæ кæрæдзийы фæдыл куыд арæгъ сты уыцы къахвæндагыл, сæ урс фæдджитæ сæ бæрзонд зæнгтыл куыд
Нарты Фарнæг 185 пæр-пæр кодтой, уый йæ цæстытыл уад, зæрдæмæ дзы цыдæр хъарм узæлд хæццæ кодта, æмæ уыцы хъарм узæлд фæндыры хъистыл куы базмæлыдаид, афтæ йæ фæндыди. Йæ сæрыл схæцыд, бакасти хистæртæм æмæ фефсæрмы йæ хъуыдытæй: нæй, ам уыцы цагъд не сфидаудзæн, ам æндæр цагъд хъæуы. Æмæ цыма цы сфæнд кодта, уый йæ къухæй куы æрхауа æмæ куы базгъæлæнтæ уа, уымæй тарст, уыйау арæхстгай систа фæндыр йе ’вæрæнæй, арæхстгай æрбадти, лæгты раз цы дæргъæццон дур уыд, уый кæрон, фæндыры æвдузæнтæ араздух-баздух кодта, стæй сыл ауагъ- та æрдынæг, æмæ базмæлыдысты хъистæ æмæ базмæлы- дысты уырзтæ хъисты уæлæ. Иу ранæй сыл хызтысты иннæ ранмæ, цыма сын сæ риссагдæр æмæ дудагдæр бынæттæ агуырдтой æмæ сын се ’рындзæвдæй сæ риссаг æмæ дудаг исынмæ хъавыдысты. Æмæ зылд сæ фæдыл æрдынæджы хъис æнгуылдзтæн æмæ уадындзтæ фестадысты, удыгас уадындзтæ уыцы æртæ ивæзт хъисы, æмæ уæд базарыд Уæн: Ма ацæут, ме ’фсымæртæ дыргъдонмæ — Иу фæткъуы дыууæ лæгæй куыд хъаггсенут?! — Ку’ ацæуат — уæхи æруадзут нымæттыл, Бæласы бын адджын фынæй бакæнут! Фæндыры уайсадгæ хъæлæс æмæ Уæны нæргæ хъæлæс баиу сты иу тыхджын уылæны. Йæхи систа уыцы нæргæ уылæн Ныхасы сæрмæ, æрзылди Ныхасы сæрты, стæй æрс- донау абырста, йæ нæргæ уылæнтæ ахаста фæйнæрдæм. Уæн дис кодта — цæмæн афтæ тынг нæра йæ зарæг, ныронг дæр-иу æй куы зарыд æмæ афтæ куы никуы нæры- ди, уæд ыл ныр цы ’рцыди?! Æмæ дзы тæрсын байдыдта — кæд исты фыдбылызы фидиуæг у?! Кæд исты фыдбылыз æрцæуы Нарты бæстæм æмæ сын æй сæ хъусы бацæгъ- дынмæ хъавы зарæг? Арвы нæрынау уымæн зилы Ныха- сы сæрмæ?! Æндæр уанцон нæу! Æхсинджытæ ’ртæхдзысты пæрпæргæнгæ, — Кæд, мыййаг, донбеттырон чызджытæ сты? Фат-æрттигъ уæ мачи сисæд фатдонæй, Удыйаргъ фæткъуы кæм æрзади, кæцы бæсты?! Нæрыди уылæн, гыбаргыбургæнгæ ивылди Ныхасы сæр- мæ, æмæ-иу æм скæсын æрфæндыди Уæны. Афтæ йæм зынд:
186 Хуыгаты Сергей иннæтæ иууылдæр уырдæм кæсынц, уæлæмæ, сæ тъæпæн къухтæ сæ ныхтыл сæвæрдтой, афтæмæй — агурынц, цæй нæрын уа, цæй гыбар-гыбур цæуа уый?! Фæлæ уый уыдæт- тæм не ’вдæлди, Уæны: фæндыры дыздызгæнаг хъистæй кæй кæцы ран ацахсын хъæуы, кæцы уысм æй феуæгъд кæнын хъæуы, уыдæттæм куы нæуал фæцарæхса, æмæ гуы- бырæй-гуыбырдæр кодта фæндырыл. Ма ацæут тугвæдыл, æлгъыст фæд у, — Дард, æцæгселон бæстæм ыл афтдзыстут. Уым фæхицæн уыдзыстут кæрæдзийæ, Уый фæстæ кæрæдзи кæрдтыл бафтдзыстут. Стæй бафиппайдта иуафон Уæн: æрсабыр и уыцы нæ- рын Ныхасы сæрмæ, æмæ бадис кодта Уæн: куыд æрса- быр и уыцы нæрын, цы хуызы æрсабыр и?! Иæ сæрыл схæцыд æмæ федта — Ныхасы цыдæрцддæр лæгтæ уыдис, се ’ппæт дæр сæ галиу къухтæй сæ хъаматы сæртыл хæцы- дысты, сæ рахиз къухтæ арвмæ дардтой, афтæмæй æдзæ- мæй лæууыдысты. Æмæ бамбæрста Уæн: хъырнгæ кодтой лæгтæ, йæ зарæгæн ын хъырныдтой. Афтæ нæргæ уымæн фæцыд арвмæ, æнæхъæн арв йæхи уымæн бакодта зарæг. Æрæджиау йæхиуыл схæцыди Уæн, фæйнæрдæм акаст æмæ федта ноджы: лæппутæ æмæ лæппудæр лæгтæ къордтæ- къордтæй апырх сты, Æхсæртæггатæй Борæтæм цы фæн- даг адаргъ, ууыл, æмæ цыдæр æнæвдæлон цыдæй цыдысты, æмæ дисы бафтыди Уæн: кæдæм цæуа уыцы лæг-рæгъау афтæ æнæ хъыпп-æнæ сыппæй?! Касти сæ фæдыл æмæ сын цыдæр сусæг змæлд æрцахста сæ цыды, æмæ йæ иу къухы фæндыр æмæ æрдынæг, йе ’ннæ къухы се ’вæрæн, афтæмæй фæцæуыныл и Ныхасæй. Йæ развæндаг дзæбæх нæ уыдта, йæ хъуыдытæ хæццæ кодтой, афтæмæй цыди йæ къæхтæ къуырдтытæгæнгæ. Лæзгъæрæй куы фæуæле и, уæд йæ цæстытæ æрхæцыдысты — уартæ раззæгтæ ком- коммæ бараст сты уыдоны хæдзармæ. Уæн азгъордта, фæлæ йæ къухтæ не ’вдæлдысты, æмæ йын афтæмæй зын уыди згъорын. Дурæппарæн фæзмæ куы схæццæ, уæд равзæр- ста: Лала цы хатæны хуыссы, уый раз батымбыл сты цал- дæрæй, сæ цæнгтæ йын ныццарæзтой йæ дуармæ — хъуа- мæ батоной дуар. Æмæ ма йæм цы тых уыди, уымæй лыгъд радта Уæн. Иуафон ауыдта — бонхæрæны æмбондæй иу
Нарты Фарнæг 187 фастаг сæфтыдтой æмæ йæ хæдзарырдæм фæхæссынц. Бамбæрста: дуар дзы батонынмæ хъавынц фастагæй. Фæлæ уартæ — Фарнæг бахæццæ дуармæ, дуары раз алæууыд, йе ’ргом адæммæ фездæхта, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм ай- тыгъта тæрвæзтæм æмæ æдзæмæй баззад. — Иуварс, иуварс дуарæй! — Цæргæсы цъæхахаст нык- кодта уыцы уысм Бырсæг. — Фарнæг дæ, уымæ дын нæ фæкæсдзыстæм. Бирæ дын фæбарстам, кæд дын бæсты ’мбæлы, уæд! — Цы кæнут, уый уал мын зæгъут, кæннæуæдæ æз дæр нæртон лæг дæн, æмæ йæ хорз куы зонут — нæртон лæ- гæн йæ дуар батонын йæ риуы фæйнæг басæттынæй уæл- дай нæу! — Ды нæртон лæг нæ дæ! Ды нæртон лæг куы уаис, уæд нын, кæм цы æнæсæрмæхæссинаг и, уыдон нæ сæрмæ нæ хизын кæнис! Фастагыл чи хæцыд, уыдонæй кæмæндæр йæ хъæр фæцыд: — Ахæцут-ма, гъа! Стæй мардхæсджыты лæуд ныккæ- нут! Æмæ та ахæцыдысты. Фастаджы сæр дуармæ ныцца- рæзтой æмæ йæ уæззау-уæззау фæцæйхастой дуармæ, афтæ бахæццæ и Уæн — йæ иу къухы фæндыр æд æрдынæг, иннæ къухы йе ’вæрæн фæндырæн — æмæ Фарнæджы фарсмæ алæууыд. Иæ зæрдæйы фидар гуыпп-гуыппæй байдзаг и кæрт. Фастаг чи хаста, уыдонæй чидæр фæкъуы- лымпы, сæ цыд фæхæццæ, уæддæр лæугæ не ’ркодтой. Иу къахдзæфæй иннæ уæззаудæр, афтæмæй æввахсæй- æввахсдæр кодтой дуармæ. Æмæ уæд Фарнæг æмæ Уæны фарсмæ балæууыд Сагахс. Йæ улæфт улæфты æййæфта уымæн дæр, афтæмæй йæ хъама фелвæста кæрддзæмæй æмæ фæцыд йæ хъæр: — Цæфы онг мæм чи ’рбахæццæ уа — мæ хъама йæ фæсонтæй акæсдзæн, фæлæ йæ зонæд. Мæсты уыди Сагахс, йæ ныхас тыхыскъуыдтæ ныцци йæ хъæлæсы æмæ йын дзæбæх бамбарæн нæ уыд. Уæддæр фæзынди лæбурджытыл хъæр. Фæсæццæ сты, чи сæ ’рлæу- уыд, чи та ма уæддæр йæхи ивæзта размæ. Уæдмæ Сагах- сы фарсмæ балæууыди Елтагъан дæр. Æмæ та уæд фæцыди Сагахсы хъæр:
188 Хуыгаты Сергей — Ардыд стут, бецау уæ бон, сымах! Ацардыдæ уæ уыди — ссы! Ардыд лæгæй æвзæрдæр ма цы уа! Йæ сæрмæ дæр куы ничи хæссы й’ ардыд, куы ничи йыл сæтты — ардыд у! Æмæ та æрлæууыд фастаг хъæд. Стæй йыл, цы цæнгтæ тыхт уыд, уыдон айхæлдысты, æмæ йæ гуыпп фæцыди хъæбæр зæххыл. — Фастаг ахауд, фæлæ нæ уæхсчытæй нæ ахауди нæ уаргъ. Ныр уымæй дæр æнæ фервæзгæ нал и: чи ис ам мидæгæй, æхгæд дуар кæуыл дарыс, Фарнæг? Æцæг, уый зон, иу мæнг улæфт сирвæзти дæ риуæй, ард хæрын, — Бырсæг йæ хъама фелвæста, — туджы сæвдылдзæн мæ хъама. Дæумæ куы нæ бахæццæ уа, мæхи туг дзы ныккал- дзынæн дæ разы. Фарнæг лæууыди, дзуары хуызæн зынд, цыма йæ тындзгæ бачынд дуары тæрвæзтæм. — Фæуæд дæ ныхас, уо Бырсæг, æмæ мæм уæд иу цъус байхъусут, æз уын ракæндзынæн а хабар цыбырæй: Цаты- бæрзовдæн уыцы фарс цы стыр атагъа и, уым бамбæлдтæн æз а мæгуыр лæппуйыл. Арс æй ныцъцъæл кодта, стæй йæ баны- гæдга — мардæнхъæл ын уыд, æвæццæгæн, куыд фенуд уыда- ид, æмæ йæ уый фæстæ куыд бахордтаид. афтæ. Æз лæппуйы радавтон йæ æмбæхсæнæй арсæн, стæй йæ уый фæстæ мæнæ Уæнимæ æрхастам. — Цатыбæрзондæй ардæм — хæсгæ?! — Кæм — хæсгæ, кæм — ласгæ. Сынт æмæ пыхс — хуыздæр амал нæ уыд. Мах уым цы хъизæмæрттæ фед- там, — нæ удтæ ’мæ Хуыцау йеддæмæ ничи зоны уый. Йе ’ргом хъæдгæмттæм ын базылд мæнæ Кæнт, йæ сæстытæм ын Дæллагхъæуæй Зæрисæрмæ фæдзырдтам. Уый йын сæ сæвæрдта йæ сæстытæ, æмæ йын сыл бабаста фæрсчытæ. Ныр тыгъд æмæ ауыгъдæй хуыссы дыккаг къуыри, йæхи нæма æрæмбæрста — цæстæй нæ ракасти, нæ дзы схауди сыбыртт. Кæцон у, чи у — сымах уæлдай йын ницы зонæм мах дæр. Фарнæг тыхсти — мæстыгæр уыди ’нæуидæр Бырсæг, суцца. Ныр та йæ маст — срæдувынæввонг. Йæ ныхæстæй йæм раст куы нæ фæкæса исты. — Цатыбæрзонд — уый Гуыйгуынтæм æввахс у. Уæд гуыйгуынтæй у а лæг, æмæ уый зæгъай. Гуыйгуынтæ нæ се сæфт уынынц махæй.
Нарты Фарнсег 189 — Нæ зонын. Йæ бон у ’мæ гуыйгуынон дæр уа, айгуы- рон дæр. Бæрæг у уый — тыхст у! Тыхст удæн феххуыс удыбæстæ у — афтæ хъуыстон Нарты уæзæгыл мæ гыц- цылæй фæстæмæ. Кæд раст нæу уый æмæ мæнг у, уæд мын æй зæгъ, Бырсæг? — Тыхст у, рыст у — мæ цæф ын нæу! Мæ фыдгулæн йæ дзæбæхмæ куыд бæллон?! Уый диттой ми у, цæстмæхъус ми у уый, гъе ’ндæр мур дæр ницы... Æз зонын хорз — знагимæ ис дзурæн карды ком æмæ хъамайы фындзæй, — Бырсæг йæ хъама тынг ныттылдта, — ай уымæн дары н’ алчидæр, æндæр сывæллон ничиуал у махæй æмæ йæ уый тыххæй нæ бабæтты йæ фарсыл, цæмæй куыд хъел- лау кæны, уымæ кæса! Нæ, хъама рæхойынæн сфæлдыста Хуыцау, артæнтæ рæхойынæн — уый.алчидæр хъæбæр хорз зоны махæй. Бырсæгмæ ахæм хиад уыди иу: куы-иу смæсты и тых- джын, уæд-иу хъусын райдыдта хуыздæр, цыма къæрмæ- джытæ тъыст уыди йæ хъусты æмæ-иу ын хаугæ ракодтой мæстыйæ. Æмæ ныр дæр дзæбæх хъуыста, йæ алыварс цы дзырдæуыди, уыдон... — Рæхойынæн у хъама, раст у уый. Фæлæ рæхойын зонын хъæуы, æндæра хъама лæгæн йæхи артæнтæм фез- дæхын дæр зоны — куырм у, йæ фындзы уæлæ нæй лæгау цæстытæ. ^ — Дæ ныхæстæм куы хъусай, уæд зæххыл дæ хуызæн раст лæг нæй, фæлæ ма зæгъ — знаг цы у, уый зоныс, æви дыл нæй смудæнтæ дæуыл?! Нæ хъаматæ хуыскъаг кæ- нынц нæ рæттыл дæ зондæй, къæбицы къуымы къæрта куыд схуыскъаг вæййы, афтæ. Ай диссаг нæу: хъама дар дæ фарсыл æмæ дæ йæ йæ кæрддзæмæй сласыны бон ма уа! Æниу уын сæ кæд згæ бахордта — хæрзхæрд, уæддæр ма сæ куыд базонат. — Æмæ Бырсæг йæ хъама фæхъил кодта хæрдмæ, арвмæ йын ныццарæзта йæ фындз, цыма дзы кæйдæр рæхуыста уырдæм, уыйау. Адæммæ бахъарыд йæ ныхас дæр, йæ ми дæр. Фыццаг уал фастаджы алыварс чи лæууыди, уыдон фелвæстой сæ хъаматæ, стæй уыдоны бафæзмыдтой иннæтæ дæр — цæстыфæныкъуылдмæ кæрддзæмтæ афтидæй аззадысты æмæ дуне фестад хъама — уæлæмæ, арвмæ баззадысты хъилæй, сæ иутæн уæлдæр æххæстысты сæ фындзтæ, се
190 Хуыгаты Сергей ’ннæтæн дæлдæр. Æмæ сыл афтæмæй хуры тынтæ рап- пæрстой сæхи, сæ фындзтыл сæмбæлдысты хъаматæн, сæ цыргъ фындзтыл æмæ сæ цæхæр акалд хуры тынтæн хъа- маты фындзтыл. Исдуг с’ алкæмæндæр хицæнæй сыгъди йæ фындз æмæ фæдисы ’хсидæвты хуызæн зындысты хъа- матæ, стæй уыцы судзгæ ’хсидæвтæн аиу и сæ арт, цæхæр- лæсæнæй акалд адæмы сæрты, æмæ сæ кæрæдзийы нал ауыдтой адæм. Æмæ лæууыдысты — чи ’рцъынд кодта йæ цæстытæ, чи — нæ, фæлæ уынгæ сæ иутæ дæр ницы код- той æмæ се ’ннæтæ дæр. Æмæ цæстытæ хурмæ куыд нæ бафæразой æмæ цæстыхаутæ куыд æркæлой цæстытыл, афтæ æркалдысты хъаматæ. Æрмæст ма Бырсæджы хъама баззади арвмæ хъилæй, æмæ ма уый цъуппыл гыццыл цъæх арт сыгъди. — Алыхатт нын нæ къухтæ ныббæтты æмæ нын цъутта бакæны нæ былтыл, — Фарнæгмæ нал, фæлæ уæлæмæ, ар- вырдæм, ныццарæзта йæ цæсгом, ^афтæмæй æвæрæз хъæлæ- сæй ныдздзынæзта Бырсæг. — Йæ зæрды нын цы ис, уо Стыр Хуыцау! Æмæ мæ гуырысхо сбынæй кæны хатт — кæд ын ныббастой исты, цæмæй сыл дара й’ арм, бырсын сæм ма уадза, хиза сæ нæ кардæй. Уыцы ныхасмæ тæрк змæлд бакодта йæ бынаты Сагахс, стæй фæгæмæл и ’мæ гæмæлæй бадзырдта Бырсæгмæ: — Дæ ныхæстæ æууилгæ кæн, уо Бырсæг, кæннæуæд иннæ дæр мæсты кæнын зоны — рох дæ ма уæд уый! Туг æмæ стæгæй конд у иннæ дæр. Æмæ та уымæ дæр бадзырдта Бырсæг: — Гуырысхо уый нæ амоны — лыг у! Мæ гуырысхо- йыл æмбисы онг куы ’ууæндин, уæд дзы — цы йæ ’мбæх- сон! — мæ кард нæ раздахин Фарнæгæй. — Гуырысхойаг та дзуринаг нæ вæййы. Гуырысхо ’фтауы адæмыл æрмæст. — Знаджы знаг фæхонынц, æндæр ном ын нæ баззад. Æмæ мын ме знаджы фырцинæй ныхъуырын мачи кæнын кæнæд, фæстæмæ йæ куы нæуал сæппарон — тас у уымæй. — Знаджы знаг фæхонынц, уымæй раст дæ, фæлæ ныр- тæккæ уе знагмæ нæ лæбурут сымах — уе ’гъдаумæ лæбу- рут, уæ нæртон æгъдаумæ лæбурут. Хъуамæ йын ныллыг кæнат йæ хурх æмæ йыл ныффæлдахат тъæпæн къæй. Уæд- иу нæртон хæдзармæ нæртон туджы ’вдылдæй куы баир-
Нарты Фарнæг 191 вæзти туджджын, уæд уымæ дæр куы нæ истой сæ арм. Сымах та, нæ чи у, уый зонут, нæ — кæмæй у, уый, æмæ йæм æртæ хъæуыдзаг лæг-рæгъауæй ныббырстат. Фарнæгмæ афтæ зынд — ныхас фæсабыр кæны, æмæ уый дæр сабыр байдыдта: — Туг тугæй ничи æхсы, нæй тугæй æхсæн тугæн — уый мæ ныхас нæу, нæ фыдæлты ныхас у. Æндæр фыдуд, фыд- дзæрин адæмты ’хсæн цæрæм, уый куыд нæ зонын æз дæр, уæдæ ма цы зонын! — Уым йæ сæр æруагъта, цыма, цы зæгъинаг у, ууыл æм развæлгъау фæсмон æрцыди, уыйау, æмæ афтæ зæхмæ кæсгæйæ дзырдта: — Мæ фыды ’рцыдмæ ’нæнизæй фæцæрут, фæлæ уæ байрох и, æвæццæгæн, йæ фæдеæхст: фыдæх хæссынæй фыдæмньызт у хуыздæр. Мах дæр уал фыдæх хæссын фæуадзæм, æмæ уал, цæй, фыдæмпъызт бакæнæм. Цы нæ вæййы — уæд та нæ фыдæмпъызтæй рауади фырæмпъызт! Æмæ ма цы боны хорзмæ кæсæм? Уæд- дæр нæ уымæ хъæуы — æндæр гæнæн нын нæй! — Ахæцыди та! — йæ сæр нытгылдта тынг, Бырсæджы фарсмæ чи лæууыди, уыдонæй иу тымбылбæрзæй лæппу. — Æмæ та йæм хъусæм, цыма сывæллæттæ стæм æмæ нын аргъау кæны, уыйау. Бырсæг лæууыд æмæ уæззау улæфыд. Йæ маст нал цыд йæ риуы æмæ йæ тынг фæндыд йæ маст ныккалын. Фæлæ йын Сагахсы ныхæстæ йæ разы айтыгътой бæндæнтæ. Ныр Уæрхæджы фæдзæхсты кой куы фехъуыста, уæд ныттылдта тынг йæ сæр. Уæдæ йæ иннæ фæдзæхстыты кой цæмæннæ ракæны Уæрхæгæн, кæд раст лæг у а Фарнæг дæр, уæд?! Фæдзæхстытау фæдзæхстытæ йын уыдон куы сты, иннæ- тæ, Уæрхæгæн. — Уæрхæг мæрдты сызгъæрин талатæ суадзæд, фæлæ йын уæд йæ иннæ фæдзæхстытæн сæ кой дæр куыд нæ скодтай, куыд нæ, гормон! Багъæц-ба, æз дын сæ æрлæу- уын кæндзынæн дæ зæрдыл: фыдæй фыдхъæдгом хуыз- дæр у. Фыдхъæдгомæй ма фервæзæн дæр и, фæлæ фыд куы ’рцæуа — ахицæн и уæд, Хуыцауы бон дæр ницы у фыдæн. Æмæ ныл, цалынмæ фыд не ’рцыди, уæдмæ нæ хъæуы змæлын, кæннæуæд иугæр фыд куы ’рцæуа, уæд ма фæнды змæл, фæнды — ма. Карды бын оффытæй нал у! Æмæ дæ ныхас дæр æмæ дæ митæ дæр фыдæй фыддæр сты нартæн!
192 Хуыгаты Сергей Фарнæг лæууыд. Йæ зæрды уыд ныхкъуырд ныхас зæгъын Бырсæгæн, фæлæ ныуурæдта йæхи. — Æмæ йын уæд æххæст йе ’ртыккаг фæдзæхсты кой цæмæннæ ракæныс Уæрхæгæн: фыдкомæй, дам, фыдæн- дæгъд у хуыздæр. Æмæ нæм кæд фыдкомы бæсты фыдæн- дæгъд уаид, ууыл дзурын æз. — Фыдæндæгъдæй фыд коммæ бирæ нæй, хæрз гыц- цыл — иу карды ныцъцъыкк. Æмæ та ахæцыди ныхасыл иннæрдæм Фарнæг: — Ноджыдæр ма йæ зæгъын: фыддзæрин сыхæгтæ нæм æрхауд — уый раст у. Фæлæ кæд афтæ барæй бакодта Хуыцау. Кæд сын нæ фыдæлы сæ астæу уымæн бацæрын кодта, цæмæй сын йæ рагрухсæй иуцъус барухсдæр кæна сæ цард — Сæуæссæ рагрухс у ’мæ алырдæм æрттивы, стæй та мах, йæ байзæддаг Сæуæссæйæн, рухс дарæм сæ цардмæ æмæ талынджы æрмифицаугæ ма цæуой сæ фæндагыл, фæлæ йæ æвзарой. Æмæ сæ кæд искæмæн йæ зæрдæйыл нæй хъустæ, уæд уыцы рухсмæ æрзаид хъустæ йæ зæрдæйыл, æмæ йæм адæмы хъæр хъуысын байдаид гыццыл. — Гыццыл — гæдзæ! Уæд æй Уæрхæг дæ бæрц нæ зыдта?! Йæ фæдзæхстыты уый кой нæй Уæрхæгæн. — Куыд нæ дзы и, куы! Арвыхъугæй дзы бæрæгдæр куы у! Фыдæх хæссынæй ницы ис фыддæр, стæй — байхъус- ба! — фыдæх чи хæссы, уымæн йæхицæн зындæр у ’мæ фьщцæр, фыдæх кæмæ хæссы, уымæй. Уый барæй афтæ бакодта Хуыцау — ма хæсса иу иннæмæ фыдæх. Фыдæх хæссыны бæсты фыдæмпъызт дæр ныккæн! Стæй бон цæуы æмæ фарн хæссы. Бырсæг лæууыди æмæ хъуыста, æвæццæгæн, цы зæгъа, уый нал æфтыд йæ къухы... Уæдмæ йæ фæстæ чи лæу- уыди — иу хъæдылыггаджы хуызæн лæг — æрбалæууыд йæ разы æмæ арвынæрдау анæрыд йæ хъæр: — Цы ’рсырдтам ай, цæмæн нæ бахъуыди, фыдæмпъызт кæнæм, уый?! Хæрзаг ма зæгъой не знæгтæ — лæгъстæйаг сын стæм, тæрсæм сæ тынг, æмæ мах фыдæмпъызтыл хъар- дзыстæм нæхи, уыдон нæ амынæттæй ласдзысты, нæ фæн- дæгтыл нын къахдзысты уæрмытæ, æддæмæ акæсæн нын куыд нæуал уа, афтæ. Мах та — æмпъузгæ! Фыдæмпъызт уа, хæрз-æмпъызт уа, æмпъызт æмпъызт у! — Ды нæ зоныс, Борнæф, хорзы бацу, уымæй хуыздæр
Нарты Фарнæг 193 ницы и?! Æмæ æцæг лæгау лæгæн йæ разы уымæй ахъаз- загдæр хæс не ’вæры Хуыцау — хорзы бацу! Хорзы чи бацæуа, уый рухс хæссы. Стæй уыцы рухс æндæр рухс у: рæстæджы бар ыл нæ цæуы — хуысгæ нæ кæны уыцы рухс , мыггагмæ судзы уый. Æмæ раджы уа-æрæджы, уыцы рухсмæ, кæдæм æй бахæссай, уым æндæр рухс ма стæпп кæна, уый гæнæн куыд и! Æмæ ма хуыздæр цы уа зæххыл — дæ рухсæй рухс стæпп кодта кæмдæр! Æмæ та схæцыди Бырсæг йæ сæрыл. — Уæддæр мæ фыццаг зонд мæхи у, уо, Фарнæг! Дæ ныхæстæм дын хъусгæ кодтон— уый афтæ нæ амоны — разы дæр сыл дæн.Цыдæр рухс нын хæссын кæныс, фæлæ кæдæм, цæмæ æмæ цæй охыл? Кæмæй цы дарæм! Кæй разы фæхæсджын стæм уый бæрц, æмæ йын цырагъдарæй ныллæууæм? Æз зонын: иу — хион, иннæ — знаг. Хио- нæн дæ цонг дæр ма бавгъау кæн, бахъуыди — дæ уд дæр. Де знагæй та ма раздах дæ кард. Æндæр дзы ницы и, цас- фæнды йыл дзур! — Уый афтæ у. Иттæг раст æй зæгъыс. Æрмæст ма иунæг хъуыддаг — хион æмæ знаг. Хиуæттæ бирæ куы уа лæгæн, знæгтæ — цъус, уæд хуыздæр у æви нæ? — Хуыздæр у æмæ — цы?! — Уæдæ дзы уый ис, гъе! Лæджы бон у æмæ знæгтæй хиуæттæ скæна. Лæджы гæнæнтæ ’нæкæрон сты. — Цымæ, цы хуызы? — Цы хуызы, цы, де знагæн йæ алы фезмæлдмæ дæ кард æлвæстæй ма дар. Кæм æрхауа, уым ыл схæц, йæ цæф-хъæдгомыл ын дæ арм æрхæсс рæвдаугæ. Армы хъарм кæмæ нæ бахъара, ахæм лæг нæма ’рлæууыд зæххыл. Дæ сыхагмæ хæсты алдзæн цæуын ныууадз æмæ йæм фидыды алдзæн цæуын райдай! Æмæ дын уа знаджы бæсты хион. Æмæ та йæ сæр ныттылдта тынг Бырсæг. — Нæ бамбардзыстæм мах кæрæдзи. Никуы! Æз «хом» зæгъын, ды та «фых»-«фых» кæныс! — стæй йæ хъама йæ кæрддзæмы нытътъыста, азылд адæмы ’рдæм æмæ йæ, се ’ппæтдæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ хъæрæй загъта: — Ныууадзæм уал сæ, цомут! Йе ’муд уал æрцæуа, стæй йæ уæд æрфæрсдзыстæм — кæцон у æмæ чи у?! Нæ нын аирвæздзæн. Æмæ цыма дывæлдах фынгтыл бадтысты иннабонæй- 13 Хуыгаты Сергей
194 Хуыгаты Сергей иннабонмæ æмæ ныр райхæлдысты фынгтæ, уыйау апырх сты адæм — фæйнæрдæм къордтæ-къордтæй аивылдысты уыцы нарæг къæдзтæ-мæдзтæ уынгты. Уайтагъд кæрт дæр афтидæй аззади ’мæ уынг дæр. Æрмæст ма кæрты астæу баззади дæргъæй-дæргъмæ фастаг — йæ иу фарсыл æр- фæлдæхт. Елтагъан æм бацыд, систа йæ, бахаста йæ æм- бондмæ æмæ йæ йæ бынаты мигъты ’хсæн æртъыста. Йæ куырæты рыгтæ цæгьдгæ æрбаздæхти фæстæмæ. Раст уæд фæцыди æрвгæнæны хъæр. Стæй байгом дуар æмæ сæц- цæйæ аззадысты лæппутæ — чи бакодта дуар?! Кæрæдзийы фæстæ иугай бахызтысты мидæмæ уæддæр æмæ джихæй баззадысты уым: лæппуйы дæлфæдтæм лæууыди мæрд- вæлурсæй Сагинæ. Æрмæст йæ цъæх цæстыты цин цыдæр æнæрхъæц змæлд кодта. — Сдзырдта! — сирвæзти Сагинæйæ, лæппутæ йæм цымыдис каст кæнынц, уый дæр ницæмæ æрдардта. — Куыд сдзырдта?! — Кæд сдзырдта?! — Цы сдзырдта?! — фæд-фæдыл афарстой æртæйæ. Елтагъаны къухы нал бафтыд фæрсын. — Æрдæбон дуар куы тыдтой мидæмæ — сæхи йæм куы ныццарæзтой æмæ йæ къæс-къæс куы цыди, уæд уыцы къæс-къæсмæ æрæмбæрста йæхи, æвæццæгæн. Æз старс- тæн, мæ уд атахти мæнæн — дуар куы ’рбатоной, уæд ма цы кæндзынæн! Уæд бафиппайдтон — чидæр мæм кæсы. Ныззылдтæн æмæ дыууæ дынджыр цæсты — кæд сæ нæ фæтарстæн, афтæ дынджыртæ уыдысты! — сæ æдзæмæй ныккастысты мæнмæ. Стæй йæ былтæ базмæлыдысты: — Чи дæ? Йæ ныхæстæй дæр та йын фæтарстæн, уæддæр æм са- быр бадзырдтон: — Сагинæ. Уый ’рæхгæдта йæ цæстытæ фæстæмæ æмæ сæ ратыл- ди дыууæ тымбыл цæссыджы — цыкурайы фæрдгуытау тымбыл æмæ сыгъдæг. Цæмæйдæр сæ фæтарстæн æмæ йын сæ йæ уадулты хъæбæртыл мæ армæй ацъист кодтон. Сагинæ фефсæрмы, йæ ныхасæй фæсабыр, йæ цæсты- тæ> йæ къæхты бынмæ ’руагъта. — Табу дæуæн, сфæлдисæг Хуыцау! — йæ цæнгтæ цар- мæ сивæзта Фарнæг. — Кæд фездæхид дзæбæх кæнынмæ
Нарты Фарнæг 195 ныр. — Стæй чызгмæ азылд. — Ды та хæрзæггурæггагмæ æнхъæлмæ кæс. — Æмæ та нæуæгæй рынчынырдæм аз- дæхт. — Иунæгæй йын нал и ам ныууадзæн. Хатæн — иппæрд. Искæмæ сæ исты галиу зонд куы ’рцæуа. Нæ уæттæ ардæм хъуамæ ’рбайсæм, Уæн, стæй-иу дзы изæры бакæ- нæм æртдзых — арт йæхимæ ласын байдыдта лæджы. Ныр та уал цомут мидæмæ, Сагахс, Уæрхтæнæджы дæр ардæм хъæуы ныр æмæ Хуыцаумæ бакувæм, æгайтма дзурын сфæрæзта нæ рынчын, — стæй та аздæхти Сагинæмæ Фар- нæг. — Ды дæр уал адугъ кæн уæхимæ, афонмæ та дæ митæ бабирæ сты уым дæр. Дæуыл дыууæ хæдзары ауыгъд и, Сагинæ. 14 Мит уарыд. Фарнæг лæууыд фæрссаджы раз æмæ æд- дæмæ касти. Бæстæ урс-урсид дардта æмæ уыцы бæстыдзаг урс-урсидæй зæрдæйы фаг рухс нæ хызти мидæмæ — фæрссагыл цы галы мисындзæг тыгъд уыди, уый хур æмæ къæвдатæм сбур и, æмæ дзы мидæмæ рухс дзæбæх нал хъарыд. Афтæмæй рухс бирæ хъуыди мидæгæй, тынг бирæ. Цæрæнбонты рухсхъуаг æййафы лæг. Рухсхъуаг куыд æййафы, афтæ нæдæр хорхъуаг æййафы, нæдæр фосхъуаг. Фыдæл «мæгуырæй дæр — рухс» куы загъта, уæд кæд цæджындзыл цы цырагъ конд вæййы, уый рухсы кой нæ кодта, кæд стырдæр рухсы кой кодта уæд? Æмæ хъуамæ адæм рухсæй раздæр мацы куриккой Хуыцауæй, рухсæй раздæр мацæмæн кæниккой нывæндтæ. Афтæмæй рухсы бардуаг нæй, йæ номыл кувæндон дæр никуы и рухсæн. Гыццыл пирæнгæмттæ, урс-урсид пирæнгæмттæ æнæ- рынцой змæлдгæнгæ хауди кæцæйдæр дардæй, тынг дар- дæй, зæхмæ-иу сæ чи æрхæстæг, уымæн-иу йе змæлд фæ- тагьддæр, зилгæ-змæлгæ-иу абадти йе ’мхуызон пирæнгæмт- ты уæлæ æмæ-иу сыл аныхæсти. Цыдæр гыццыл æхсызгон æм дзы хъарыд, уыцы митын пирæнгæмтгæ зæхмæ тагьд кæй кодтой уымæй, гыццыл-иу сæм йæ мидбылты дæр бахудт. Лæууыди Фарнæг, касти æддæмæ æмæ дис кодта — уый цы у? Цавæр бардуаг у, лæгæн асæджы йæ фæсонæр- хæджы дæр цы нæ уа, уый йын фыны цы бафтауы йæ цæстытыл?! Кæцæй йæм кæсы уыцы бардуаг адæймагмæ?
196 Хуыгаты Сергей Кæм и, æмæ цы у йæхæдæг?! Науæд ын иу æхсæв куы равдисы дунейы диссæгтæ, уæд ын иннæ æхсæв æппын- дæр цæмæннæуал равдисы исты? Æндæрæхсæв, фыццаг кæркуасæнтæм бирæ нал уыди, афтæ ауыдта Хуро æмæ Тыхылы Фарнæг — уартæ мæ- сыджы фæзы лæууыдысты. Тыхыл-иу багуыбыр и тынг Хуромæ, æрдыны хуызæн-иу сси. Йæ даргъ цæнгтæ-иу тилын систа — Фарнæг ма дис дæр кодта: Хуройыл куыд нæ ’мбæлынц йæ къухтæ?! Æмæ йæ мæстæлгъæд хъæр цыд Тыхылæн: — Мæ бæх! Мæ Саувадыг! Кæм и мæ Саувадыг, кæй фыццаг мын æй скодтай?! О, кæд афонмæ искуы йе ’ххор- магæй æфсæн æрттигътæ ’хсыны, уæд уый тæригьæдæй быныдзæрæг куыд нæ фæвæййынц нартæ?! Стæй ауыдта Арцийы дæр Фарнæг. Мæсыджы тæккæ рæбын лæууыди Зыгъаримæ, дыууæ ’мбалы куыд фæлæу- уынц, афтæ, æмæ йын Арци йе рагъыл йæ арм æрæвæрд- та, лæг йе ’мбалы уæхскыл куыд æрæвæра йæ арм, афтæ. Йæхæдæг зæхмæ касти æмæ куыдта Арци, æнахуыр куы- дæй кодта кæугæ та — Тыхыл-иу загъд-замана куы систа Хуромæ, уæд-иу æдзæмæй хъуыста, стæй-иу куыддæр йæ загъдæй фæлæууыди Тыхыл æмæ-иу фæсабыр, афтæ-иу ныккуыдта, гъе, Арци, цыма-иу загъд нæ кодта Тыхыл, фæлæ — хъарæг, æмæ йын уый та йейегæнæг уыди, Арци. — Уæдæ ма рагсом мæ балцы цæуынафон нæ бæхбæтгæныл баст ма уаид мæ Саувадыг, кæддæра дын дæ урс боцъо нæ ныллыг кæнин йæ рæбыныл! Уадз æмæ мыл къуыппæн зарæг скæной! Æмæ дис кодта Фарнæг — Саувадыг цæмæн хоны йæ бæхы, урсвадыг куы уыди йæ бæх, урскъах?! Стæй йæ ном Зыгъар куы хуынди æмæ йæ мады гуыбынæй куы ра- хаста уыцы ном! Науæд сæ уырдыгæй уырдæм йе уынгæ куыд нæ кодта Арци æмæ Зыгъары, йе йын йæ кæуын куыд нæ хъусгæ уыди Арцийæн?! Йæ хъæлæсыдзаг-иу куы ныййе-йе кодта,Тыхыл-иу куы фæлæууыд йæ загьд кæ- нын æмæ йе ’ртхъирæнтæй, уæд! Хуро лæууыд гыццыл здæхт Тыхылмæ, йæ боцъойыл- иу ын уддзæф иуварс ахæцыд, цыма йын йæ басылыхъы хъусыл ахæцыди, уыйау æмæ йыл уым йæ фæлмæн уырзтæй хъазыд. Йæхæдæг уыцы æдзæмæй лæууыд, лæууыд, фыны
Нарты Фарнæг 197 куыд фæлæууынц, афтæ, стæй иуафон цæхгæр ныззылд Тыхылмæ æмæ æрвнæрæгау ныннæрыди йæ хъæлæс: — Ды хъодыгонд дæ, уо сæфты гуырд! Æмæ дын адæ- мы ’хсæнмæ нæй цæуæн! — Хъодыгондæн дæр йæ бон цæуы йæ ус æмæ йæ бæ- хыл, кæд ма адæмы хъæр æмбарыс, уæд?! — Гæды зæгъыс! Хъодыгонд æлгъыст у Хуыцау æмæ зæххæй. Æмæ йын се ’хсæн бæхыл сбадæн нæй. — Уæд та мын æй фæлдисгæ ныккодтаиккат мæ Саувадыджы! — Хъодыгонд хъуамæ^фистæг уа мæрдты дæр æмæ ма- кæй æййафа ныхасмæ. Йæ бонтæ хъуамæ иунæгæй тона мæрдты бæсты дæр хъодыгонд! — Мæ бæх, мæ Саувадыг! — æваст ныхъхъæр кодта Ты- хыл, цыма рæхуыст фæци, æмæ уый йæ фæстаг хъæр уыд, уыйау, æмæ дæлгоммæ зæххыл аппæрста йæхи. Куыдта хæкъуырццæй æмæ хæрдмæ схъиудта, йæ быны та дзыхъ- хъытæ кодта зæхх. Йæ ныхыл хид цæппузыртæй тылди, йæ цæстыты бын- тæ байдзаг сты хидæй, æмæ йæ дзæбæх ракæсæн нæ уыди. Сæвнала сæм йæ цæстытæм æмæ сæ асæрфа — нал арæхсти уымæ дæр Фарнæг. Хуыссыд уæлгоммæ æмæ хъуыды код- та — цы йын сæ бафтыдта йæ цæстытыл уыцы фыдфын- тæ, цæмæн ын сæ бафтыдта?! Æмæ цы дзыхыуагæй дзырдта, цы, Хуромæ! Диссаг нæу — Тыхыл уыд, афтæмæй Тыхыл нæ уыд æппындæр. Уæдæ Тыхыл уай æмæ афтæтæ кæ- най? Хистæрты раз йæ сæрыл никуы схæцыди, йæ уæнгтæ никуы сраст кодта æмæ, цæйас уыд, уый дзæбæх нæ зыд- той хистæртæ. Уæд ын ныр цы стилын кодта йæ цæнгтæ, цы йæ сдзурын кодта уыцы дзыхæй, цы?! Æртæ афæдзы æмæ æрдæгæй дæр фылдæр рацыди уæдæй, æмæ йæ ныры онг иухатт дæр нæма федта йæ фыны. Уæд æй нырмæ цæмæннæ федта искуы æмæ йæ ныр цæ- мæн федта, цы уæлдай?! Уæн сыстад, къонайы нуæрст цæхæр ракъахта, æртдзых бакодта æмæ, куы схæцыд арт, уæд æддæмæ ахызт. Фарнæг уæддæр хуыссыди. Йæ фынтæй нæма фæхицæн æмæ рахъуыды-бахъуыды кодта йæ фынтыл. Къонайы хъарм андæвта фæйнæрдæм. Уæд йæ нымæ- тыл иуварс ахæцыд æмæ тæрхæгæй зæхмæ æргæпп кодта
198 Хуыгаты Сергей Фарнæг. Уæртæмæны ’рдæм базылди, йæ уæлхъус æрлæу- уыд, йæ цæсгом æм дзæбæх нæ зынд Уæртæмæнæн, фæлæ йæм каст уæддæр Фарнæг æмæ æвзæрста — йæ цæсгомы хъæдгæмттæ бадзæбæх сты, йæ уадулты цыма уд бацыди, уыйау сыл фæйнæ туджы тæппы абадти. Æмæ сфидыдта йæ цæсгом: йе ’лвæст æфсæртæ ’мæ йæ фидар роцъо. Æцæг ма йæ фындзы рагъ дæргъæй-дæргъмæ сау дардта. Йæ улæфт сабыр уыди лæппуйæн, дзæбæх æмæ уæд азылд къонамæ Фарнæг. Арты сæрмæ чъецийыл уæлдæр схæцыд æмæ йыл кæрдзынтæ сæвæрдта — уадз æмæ хъарм кæной æмæ æддæмæ ахызт уый дæр. Сæ зилынмæ йæ нæ хъуыди Уæны йе ’ххуыс сæгътæн, фæлæ зайын райдыдтой æмæ йын уым æнæ Фарнæг зын уыд. Куыддæр дуарæй ахызт, афтæ йæ цæстытæ андæгьдысты сæ кæрты дуары стыр ричъийыл: æрзылди ричъи, æрзылди æмæ æрсабыр, стæй байгом кæрты дуар, æмæ дзы дæлæ цуанонарæзтæй æрбахызти Арци. Йæ фæдыл та, цыма хъазты уыд æмæ кафынмæ хызти, уыйау йæ урс къæхтæ къæсæры сæрты уыцы арæхстджын æвæрд æрбакодта Зыгьар. Фарнæг сæм кæсгæйæ баззад — кæд ма фынæй у, нæма сыстади кæд æмæ та кæд фын уыны?! Уæдмæ Арци фæсдуар саджысыкъайыл æрцауыгъта йæ сагъадахъ, сисыл бахъил кодта й’ арц, йæ хъуынджын худ систа йæ сæрæй æмæ дзы йæ нымæты фæдджиты миттæ цæгъдыныл схæцыд. Зыгъар лæууыд йæ фарсмæ, йæ сæр бæрзонд дардта, цыма йын йæ ныхы астæу уыцы зыгъар æфтаугæ бачынди йæ ныхыл æмæ йæ фæдзæхсгæ бакодта, чи йын æй бафтыдта йæ ныхыл, уый — ныллæг макуы æруадз дæ зыгъар. Йæ сатæг-сау хъуын уыцы æнгом лæгъз бадт йæ уæлæ æмæ сау тæмæнтæ калдта. Йæ дзыхæй згъæллаггомы дзыгъал-мыгьул цыд æмæ афтæ зынд — цы- дæртæ дзуры Зыгъар, зыланг чи кæны, ахæм цыдæртæ. Æмæ баууæндыди Фарнæг — фын нæ уыны, асæджы сæм æрцыди Арци Хуроты Зыгъарыл далæ, æмæ йæ раз- мæ аппæрста йæхи Арцийæн. Арци дæр æй ауыдта, йæ нымæт миты рагъмæ фехста æмæ йæ размæ фæцæуыныл. Раст кæрты астæу бахастой кæрæдзимæ сæ риутæ æмæ сæ гуьщп фæцыд сæ риутæн, стæй февнæлдтой кæрæдзимæ æмæ-иу, куыд кодтой, афтæ хæрдмæ исын байдыдтой кæ- рæдзийы. Кæмæн сæ куыд йæ бон цыд, афтæ иста иннæйы
Нарты Фарнæг 199 уæлдæр æмæ йæ уадзгæ та æрæгмæдæр кодта фæстæмæ, зæхмæ. Сæ цины уьшæртæ, сæ худыны кæл-кæл мыды фæзгъ- æртау калдысты фæйнæрдæм æмæ кæрты митæн йæ цьæхснаг уазал сæфт. Уæдмæ сæм сæгъдоны гом дуарæй æрмт- тæтыгъд æмæ бæгъгъæтриуæй рагæпп ласта Уæн. Кæрæд- зийыл куыд тыхст уыдысты, афтæмæй сæ ’рбахъæбыс код- та, хæрдмæ сæ фелвæста æмæ сæ ныззылдта йæ алыварс. Уæрхтæнæгмæ сæ цины хæрхæцъа байхъуыст. Цы уа уый уæдæ? — йæ мидæггæгты рабадт, дуарыл рахæцыд, æрдæджы онг дзы ратъыста йæхи, æмæ йе ’нæуынæр худ- тæй худти лæппутæм. Стæй баздæхти йæ уатмæ. Уæдæ амæ рацыд йæ фын, амæ, хъуыды кодта Фарнæг. Уæн сæ зæхмæ куы ’руагъта ’мæ куы ’рсабыр сты, уæд. Арци сæм æрцыди Зыгъарыл. Фæлæ уæд кæм сты Хуро æмæ Тыхыл?! Уыдон æм хæстæгдæр куы уыдысты, фын куы уыдта, уæд. Уынгæ дæр фыццаг уыдоны куы фæкод- та. Æниу Хуро дæр, чи зоны, æрбазына уæдмæ, кæд Ар- цийы æрцыд базыдта, уæд. Зыгъары уынынмæ æнæ ’рбау- айгæ фæлæууа! Фæлæ Тыхыл никуыуал æрбахиздзæн ацы къæсæрыл. Ацы уынгты дæр никуыуал ацæудзæн. Уый дард у ардæм. Уæд ын æй йæ цæстытыл цы бафтыдта уыцы дардæй?! Цы у уый, цавæр æнахуыр цыдæр у? Æмæ уыцы тæккæ ран йæ зæрдыл æрбалæууыд Царциаты Ахуы. Дуне сындзæрхгæд у, — афтæ дзураг у Ахуы. — Æмæ йæм æрмæст уыцы æхгæды сæрты цы бакæс-бакæс кæны лæг, æндæр æм мидæмæ йæ къах нæ бавæрдта ныр- ма. Стæй йæм нæдæр æвæргæ бакæндзæн йæ къах — нæ йæ бауадздзæн мидæмæ. Мæнæ баирвæзт искæуылты — йæ сæфт æрцæудзæн дунейæн. Ууыл-иу балхынцъ кодта йæ ныхас Ахуы. Тынг арф айста Ахуыйы ныхæстæ йæ зæрдæмæ Фар- нæг. Афтæ у. Æцæг у. Хъуыды-иу кодта. Уæдæ ма исчи акæсæд а дунейы диссæгтæм! Калм калмы йеддæмæ ницы у, афтæмæй зæххæнкъуысты размæ ралæсы йæ хуынкъæй, базоны йæ — зæххæнкъуыст уыдзæн. Калм æй базоны, лæг — нæ. Уæд æй цы ’гьдауæй базоны калм, цы йын æй бацæгъды йæ хъусты?! Намæ калм дæр — гъа! Уый дард у адæймагæй, чи зоны ’мæ йæ дуне дæр æндæр у. Фæлæ уæн та? Хуымæтæг кусарты уæн. Акæс дзы æмæ дунейы
200 Хуыгаты Сергей диссæгтæ фенай. Далæ, дам, Алæгаты Сауных Æхсар æмæ Æхсæртæджы куывды акаст уæны æмæ, дам, йæ сæр бирæ фæтылдта, йæ уæззау улæфтытæй, дам, нал æнцад. Стæй, дам, радзырдта — цыбыр, дам, у сæ фæндаг, сæ лæджы кармæ, дам, сын амоны æрмæст. Уыцы иу ранмæ сæ дыу- уæйæн дæр. Æмæ, дам, фынгмæ ничиуал æвнæлдта, сæ сæртæ, дам, сæ риутыл æруагьтой, афтæмæй, дам, бадтысты уыйæппæт адæм. Кæмдæр цыдæр ис — ныллæг кæмдæр нæ, бæрзонд кæмдæр, йæ бæрзонд ранмæ йæм алцыдæр зыны æмæ царды ныххизæнтæ æмæ схизæнтæ амоны адæ- мæн. Æндæр афтæ куыд нæ рауайгæ фæвæййы, æмæ цал- дæр азы дæргъы æрмæст чызджытæ куыд нæ райгуыры, кæнæ æрмæст лæппутæ?! Фæлæ цæргæ-цæрæнбонты афтæ никуы рауади нырма. Уæд куыд нæ рауайгæ фæвæййы афтæ?! Уæд та искуы иу хатт, уæд та искуы иу ран. Афтæ куы нæ уаид — уыцы бæрзондыл бадæг куы нæ кæсид йæ бæрзонд бадæнæй, уæд дуне ма сæмтъеры уаид, уый гæнæн куыд и?! Дæлæ Гæмсæн, сæхи Гæмсæн Борæты, фондз фырты ис æмæ сæ фондзæн дæр сæ фындзы цъуппытыл ис бызычъитæ, Гæмсæн йæхицæн куыд и бызычъи йæ фындзы цъуппыл, афтæ. Фæлæ йæ дыууæ чызгæй иуы фындзыл дæр нæй бызычъи. Уыцы дзæбæх тæнæг фындзтæ сын ис. Уæд кæцæй æрцыди мады гуыбынмæ фондз бызычъийы, æрмæст лæппуты фаг! Чызджытæм цæмæннæуал æрхаудта уыцы бызычъитæй. Фæлæ чызджы бызычъи ницæмæн хъæуы. Æниу хъæугæ лæппуйы дæр ницæмæн кæны, фæлæ иугæр æнæ зайгæ нæй бызычъийæн, уæд лæппуйыл æрзайæд чызджы бæсты. Мæгуьф лæг уыди æнæуи, æвæрæз лæг Ахуы. Йæ хæдзар къулбадæг усы хæдзары хуызæн далæ Алæгаты хъæугæрон къуыппыл лæууыд, цыма йыл зайгæ ’ркодта уыцы къуып- пыл, афтæ зынд лæгмæ. Æмæ-иу дæле куы ’рбадымдта, уæд-иу хæдзарæн йæ дуар мидæмæ тыдта, æмæ-иу уæд сæ даргь сывылдз фынг рацæйхæр-хæр кодтой йæ бинойнаг Бонæ- хъызимæ — хæдзарвæндаджы дзаумайæ сæм уыцы иунæг фынг уыди — æмæ-иу ын дуармæ ныккомкоммæ кодтой йæ ных. Стаей-иу ын йæ дæлдуæттыл сæ сабиты сбадын кодтой, лæг- ты цæлы фынгтыл куыд рабадын кæнынц дывæлдахæй, афтæ. Сывæллæттæ сын дæс уыди æмæ-иу дзы фондз иуæр-
Нарты Фарнæг 201 дыгæй бадти, фондз та — иннæрдыгæй. Дымгæйы мæт-иу сæ нал уыд, æмæ-иу сæ алчи аздæхти йæ куыстмæ лæг æмæ усæй. Лæг æлхуыйаразæг уыд — æнæ уæдæртт дæр ын ныззылдтай й’ арæзт æлхуый, цалынмæ йæ дæхæдæг баурæдтаис, уæдмæ йын нал уыдис æрлæууæн. Æртæ Нарты ахæм сылыстæг нæ разындаид, Ахуыйы арæзт æлхуый кæй æлвисæн къусы нæ ныззырытт кодта. Бонæхъыз та — кæрцгæрдæг уыди æмæ кæрцхуыйæг. Уый кæрц бахуыдта, Бонæхъыз, æмбырдтæ-иу ыл кодтой кæрцыхицауыл адæм... Уæдмæ Уæрхтæнæг дæр рацыд кæртмæ. Ие ’рчъитæ йæ къæхтыл цопконд, йæ цыбырдым кæрц — йæ уæнтыл уæгъд æппæрст, йæ сæрыл та æхсæв кæй фæдары, уыцы хæлын худ. Арци йæ йæ хъæбысы систа æмæ йæ арæхстгай йæ алыварс æрзылдта, гыццыл лæппуйы куыд æрзилынц, афтæ, стæй йæ афтæ арæхстгай æруагъта зæхмæ дæр фæстæмæ. — Дæ тых æнæмастæй бахæр! — арфæ ракодта Уæрхтæнæг, стæй лæппутыл йæ цæстытæ схъулæттæ кодта: — Ныр уазæджы миты сæрыл куы ныддардтат ам, уæд афтæ вæййы?! Уый фæстæ йе ’ргом аздæхта бæхмæ. Гуыбыр-гуыбыр ын йæ риуыгуыдырмæ бахаста йæ тъæпæн арм æмæ йын æруагъта йæ риуыгуыдырыл йæ арм — бæхæн йæ риуыгудыр æддæмæ рацыд, хиды могоры хуызæн, уыцы лæгъз æрттывд кодта, йæхимæ здæхта адæймаджы цæстытæ — æмæ загьта уым хъæрæй Уæрхтæнæг: — Дæттæй, мæ зынджыхай бахуысса, цы риуьпуыдыр ын ис, цы! Æмæ бæх риуыгуыдырæй у, риуыгуыдырæй, — йæхæдæг дзургæ-дзурын æруадз-æруадз кодта йæ армы- тъæпæн Зыгъары риуыгуыдырыл. Æрæджиау мидæмæ куы бацыди, ^æд лæппуты Уæртæ- мæны уæлхъус баййæфта лæугæ. Иæ ном сбæрæг и — йæхæдæг æй загъта, кæд сæнттæ нæ цагъта, уæд. Уый йын йæ ауыгъд къах куы æруагъта Зæрисæр уыцы бон уыди. Сагинæ йын йæ уаты раз рамарзта, стæй йæм кæсгæйæ аззад — кæдæй-уæдæй йæ растæй хуысгæ федта. Ноджы йæ уадултыл цыдæр сырх тæппытæ бадт, цыма йын сыл исчи хъуырмызы доны тæппытæ æртагъта. Æмæ йæм касти чызг, æмæ уæд байгом кодта йæ цæстытæ уый дæр, айтынг сæ кодта. Къæлæтты йæстæ аисты æмæ ныкомкоммæ сты Сагинæмæ. Кастысты æдзæмæй уыцы стыр цæстытæ, æмæ сæ тæрсын байдыдта Сагинæ. Фæстæдæр куы алæууид,
202 Хуыгаты Сергей афтæ йæ фæндыди, фæлæ фæстæдæр алæууын дæр нал уыди йæ бон. Æмæ йæм уæд фехъуыст лæппуйы ныхас — цыма йæм искуы хъоргъы арфæй сыхъуыст, уыйау дзы цыдæр нæрыди хъæлæсы, цыдæр та дзы хæр-хæр кодта. — Чи дæ?! Сагинæ ныхасæй фæныфсхастдæр, гыццыл фæстæдæр алæууыд æмæ йæм дзуры уырдыгæй: — Сагинæ. Лæппу йæм уæддæр уыцы кастæй каст, æмæ та дзы тæр- сын байдыдта чызг æмæ йæ уæд йæ тарстæй куы афæрсид: — Ды та чи дæ?! Лæппу йæ цæстытæ æрцъынд кодта, стæй сæ нæуæгæй ракаст æмæ загьта: — Уæртæмæн. Сагинæ нæ зыдта, уыцы дзырд цы амыдта, уый. Йæ ном уыдзæни афтæ, уый Уæрхтæнæг загъта, хабар æм куы фæхæццæ ис, уæд. Бирæ фæлæууыдысты уæд Уæртæмæны уæлхъус æртæ лæппуйы. Арци сæ дардыл фарста æмæ йын уыдон дæр дардыл кодтой хабæрттæ. — Сымах гуымирытæй ма разынат, уæ дыууæ, уый мæ ницæй тыххæй бауырндзæни, — бахудт иу афон Арци. — Цатыбæрзондæй ардæм, уыцы хæрдтæ ’мæ уырдгуыты уыйас лæг фæхæсс! Уыргæфтыд куыд нæ фестут?! — Æз та, зæгъын, кæд уымæй сбæрæг и, нартæй кæй стæм, уый, — бахудти Фарнæг дæр. — Гуымиртæ йæ хæсгæ фæкодтаиккой. Фæлæ йæ мах, нартæй стæм æмæ пыхсыл сæвæрдтам, стæй рахæцыдыстæм пыхсыл æмæ нæ фæдыл уади пыхс. — Пыхс?! — Пыхс! — Уæдæ уæд Гуымиртæй не стут. Уæд нартæй стут. Æмæ Фарнæг загъта: — Нæ, нырма бынтон æнæ гуымиры не стæм мах дæр. Æнæ гуымиры куы уаиккам, уæд æй сынтыл нæ хастаиккам, уыцы хæрдтæ ’мæ тæссæртты — нæ цæнгтæ-иу куы ньщдаргь сты, зæхмæ нын куы æрæххæссой, уымæй-иу куы старстæн. Фæлæ исты æрхъуыды кодтаиккам, уырдыджы ласынæн пыхс куыд æрхъуыды кодтам, афтæ. Нæ, нырма гуымиры стæм мах дæр, — йæ ныхасы кæрон бахудти Фарнæг.
Нарты Фарнæг 203 Уæрхтæнæг æдде куыд æрбацыд, афтæ къонайы фарсмæ бадт — йæ кæрц йæ уæнтыл, йæ сæрыл уыцы урс хæлын худ æмæ йæ къухтæ артмæ тавта. Куыддæр Фарнæг бахудт, афтæ йæ сæрыл схæцыд. — Мæнæ ма фынджы кой бакæнут, уазæг нæм и, дардбæстаг уазæг æмæ уæд та стайгæ бакодта. Цъысс! Афонмæ уæ исчи Дургомы чызгмæ бадзырдтаид, æмæ нын исты хъарм къæбæртæ ракодтаид. — Уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ! — уый хорз æмбисонд у, мах æхсызгон чи хъæуы, ахæм æмбисонд. Ныр ма искуы Сагинæмæ дзурдзыстæм, стæй уый хъарм къæ- бæртæ кæндзæн! — Омæ, уæд та уазал къæбæртæй фæсайæм нæхи, стæй-иу нын уый ныхмæ не ’хсæвæр фæхуыздæр кæнут, — загъта Уæрхтæнæг, æмæ Уæнмæ бадзырдта: — Гъа-ма, мæ къухтыл мын дон æркæн. Цалынмæ сын Уæн сæ къухтыл дон кодта Уæрхтæнæг æмæ Арцийæн, уæдмæ Фарнæг къулрæбынæй фынг къонайы фарсмæ æрхаста. Уырдæм æм чъецийæ кæрдзынтæ æрбайста, цыхт æмæ йыл стад дзормæйы тыхт æрæвæрдта, стæй къуымæй æрхаста ронджы дурын æмæ сыкъа. Гыццыл фæстæдæр цыппарæй дæр сæ ныллæг бандæт- тыл багуыбыр сты фынгмæ, æмæ сфидыдта фынг. Куыддæр Уæрхтæнæг ракуывта æмæ сыкъа йæ дзыхыл сдардта, афтæ Арци Уæнмæ азылд, цыма базарынмæ хъавыд æмæ йын уый та хæстæгæй-хæстæгмæ хъырнгæ куы ба- кодтаид, афтæ, æмæ йæм бадзырдта: — Ахсæв ныйирд уыдзæн, райсом комæй кургæ бон — цуаны цæуынæн. Ацы нæуæгуард митыл сырды фæд иу рагъæй иннæмæ зындзæн. Уæн, йæ къухы цы къæбæр уыд, уый хъавгæ æрæвæр- дта фынгыл, Арцимæ дæр афтæ хъавгæ каст бакодта. — Ныр æцæг цуаны ацу! Арци йæм йæ дыууæ цæсты дæр æмныкъуылд æркодта. — Абон ацу. Де ’хсæв Лæнцылæгæтмæ схæсс, рагсом Хызыны ’фцæгыл бауай æмæ Дымгæджыны балæуу, — дзырдта Уæн, цыма искæмæн амыдта, куыд цæуын хъæуы, уый æмæ йæм Фарнæг æнæууæнкгæнæджы каст кодта. Уæдæ нырма нымадæй цалдæр хатты йеддæмæ куы нæ уыди цуаны, уæд бынæттæ-зонгæ та куыд бакодта!
204 Хуыгаты Сергей Уæдмæ йæм Уæхтæнæг йе ’ргом аздæхта Уæнмæ. — Гæр æмæ Хызыны ’фцæгыл ныр цъиу атæхæн куы нæ и, уæд дæ зонд фæцыд?! Уым афонмæ залты мит ныууарыд, йæ зæй та къæрццæввонгæй лæууы — сырд- донцъиуы базырты тъæбæртмæ дæр ныггуыпп кæны. Бауайдзæни мын Хызыны ’фцæгыл! Æнæуи хорз цуангæ- нæн бон уыдзæн. Æмæ уæд Схуалийыбæстыл цæуын хъæуы, стæй уырдыгæй Фæрнджын коммæ ныххиз. Уым хъарм у æмæ, лæгæт чи нæ дары, уыцы сырдтæ цъалхæй-малхæй уым нымбырд вæййынц... Фæсаходæн сæ хордзентæ æфснайынмæ фесты Арци æмæ Уæн. Сихорафон нæма уыд, афтæ Нартыдоныл ба- хызтысты, уым сæ къах-къæлæттæ бабастой сæ къæхтыл æмæ Залгъæдджыны фæхæрд кодтой. Касти Фарнæг фæрссагæй. Уынгты искуы иу змæлæг ма фæзындаид, уыййеддæмæ уыдысты афтид. Æмæ нæ фидыдтой афтæ афтидæй уынгтæ. Уынджы хъуамæ змæл- джытæ уа, цæуджытæ, иуырдыгæй дæр дзы æрбацæйцæуа исчитæ, иннæрдыгæй дæр. Хъуамæ кæрæдзийыл æмбæлой, кæрæдзийы къухтæ исой, ныхæстæ кæной. Уæд фидауы уынг, гъе! Уыййеддæмæ уынджы мидæг змæлæг куы нæ уа, уæд уый цæй уынг у! Далæ куырдадзы фисынæй иу чидæр разынд. Фæцæуы гуыбыр-гуыбыр. Кæнт ма уæд, Кæнт уыдзæн, уæдæ æндæр гуыбыр лæг æртæ нарты дæр нæй. Æмæ æниу Кæнт дæр цæй гуыбыр уыди, уыцы æхсæв афтæ фæци, æндæр æппын- дæр нæ уыди гуыбыр. Фæлæ уыцы æхсæвы фæстæ сæ бы- нæтты нал сбадтысты йæ уæнгтæ. Æмæ ма куыд скодтаиккой бадгæ дæр, хæргæ йæ куы кодтой уыцы æххормаг бирæгьтæ, мæнæ уыдон нæ уыдысты, Фарнæг æмæ Елтагъан, уæд! Фыны йын Сырдон йæ дуар бахоста — уый фæстæ код- та йæ хъæстытæ Кæнт, — æмæ сæ цал хатты ракодта, æмæ сæ кæмæн нæ ракодта! Акасти, Кæнт, æмæ, дам, мын дæ хæрæг авæр, афтæ-афтæ, дам, уартæ Æвзæркомы бирæгьты бал ныццагътон æмæ, дам, сæ дæлæ Цæндджынмæ æрбафтауц кæнон. Кæнт хæрдмæ фæхауд. — Мæ хæрæджы йеддæмæ ма цал хæрæджы ис а хъæуы, уал хæрæджы сæры хæргæ фæцæуæд мæрдты бæсты дæ фыд, куы ма мæ ныууадзай, уæд!
Нарты Фарнæг 205 Уый уæддæр ма ныффæрск уа, Сырдон. — Гæррæтт, хæрæгыл рæуæг-рæуæг бирæгъты мæрдтæ æрбадавдзынæн, уымæй йын цы уыдзæн! Гадза бирæгътæ ныццагътон Æвзæркомы æмæ сæ ныр уым ныууадзон?! — Ам нæй хæрæг, гукк! Дысон æй далæ Цæндджыны ныууагътон. Гъæуым сындзытыл дзæбæх хызти ’мæ. Æцæг æй ныууагъта уыцы ’хсæв Цæндджыны, дзæбæх хызти, сындзыты сæртæ ’хсыдта æмæ йын фæтæригъæд кодта. Фæлæ йæ фыны та цæмæй базыдта, йæ хæрæг уым ныууагъта, уый?! Уым Сырдон йæ тæккæ раз ма февзæра — цæугæ йæм не ’рбакодта, æнæ цæугæйæ февзæрди йæ тæккæ раз — стæй йæ къух дард ма фæхæсса æмæ йын дзы йæ уадулы хъæбæрæн иу ма ныууæлæ ласа! Кæнтæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Ноджы йыл йæхи ма сцæгъда ацы дæлимонты фæтдзæгьдæн æмæ йыл ма старддзæгъдæн кæна: — Гъæ, дæ мардæн æргæвсты куыд фæци, кæд уымæй хæрæг пайда нал и! Уæдæ Цæндджыны бирæгътæ уаддзалх куы кæнынц æхсæв-бонмæ, уæд сын сæ разы кæдæм уагьтай къамбецы йаргъ хæрæг? Хъыг куыд нæ уыдаиккой уыдæттæ Кæнтæн! Æмæ ма уадулы цæф дæр цы фæнды фæуæд, фæлæ, дам, дæ мар- дæн æргæвст!.. Уæд ма кæд федта мардæн хæрæг æргæвд- гæ æвзæр Гæтæджы фырт?! — Гъæ, мæнæ фæлдурæдджын, цыдæр! — ныййеусар кодта Кæнт, — дæуæй дæр ма мæ уый схъуыди. — Иу дзолонкъа фелвæста, дард æй фæхаста, хъуамæ йын дзы йæ тæккæ сæрæн иу ныуудæстаид Сырдонæн. Уæдæ йæм куыдтæ уæнды! Фæлæ йæ ус ма нырдиаг кæна Кæнтæн, Уызыззæ! — Мæ цонг мын скъуыныс, æрра не сдæ, æрра дæ скæ- ной нæ бæсты дзуæрттæ! Кæнт фехъал, уæддæр нæ уагъта Уызыззæйы цонг. — Бауадз мæ æмæ йын дзы йæ тæккæ сæрæн иу февæ- рон! — Суадз мын мæ цонг! Уым йæхи æрæмбæрста Кæнт, йе ’ннæ фарсыл æрзылд æмæ загъта: — Цы фыдбылызтæ мыл бафтыдгой а Гæтæджы фырты?! — гыццыл ахуыссыд афтæ къулмæ здæхтæй, стæй сонт зылд
206 Хуыгаты Сергей ныккодта, усы сæрты йæхи раппæрста. — Мæ хæрæг?! — талынг къуымты атахти йæ хъæр, йæхæдæг талф-тулфæй цыдæртæ æртъыстытæ кодта йæ уæлæ æмæ дуары æдде фæци. Ус æй истæмæй афæрса, уымæ дæр нал фæцарæхст. Уыцы æхсæв уыдон та гуыйгуынæгты ауагътой, Фар- нæг æмæ Елтагъан. Ауагътой сæ æмæ сæ ахизын кодтой. Уым сын кæмдæр ахо уыди сæхи хъæды гуыйгуынтæн, хъæбæрхор дзы карстой мад, фыд æмæ сæ чызг. Афтæмæй сыл бамбæлдысты Бырсæгитæ, уым цуан кодтой уыдоны хъæды ’мæ. Сæ хуым æнæуи дæр фæкæрдиппæрд æмæ сын афтæмæй баззад. Цаддæр уыгæсы дзы ракарстой, уыдон та сын пырх ныккодтой. Ам сæ мæсгæны дардтой. Фарнæ- гæн æй Елтагъан загъта, иннæтæй йын æй ничи схъæр код- та. Ныр хъахъхъæнын уый рад куы уыд, Елтагъаны рад, уæд сæ ауагътой, уый размæ куыд баныхас кодтой, афтæ. Фæстæмæ сæ фæндаг Цæндджыныл цыди. Уым æрбай- йæфтой Кæнты. Хæрæджы уæраджы стæг йæ къухы, аф- тæмæй ныггуыбыр æмæ йæ мидбынаты. сонт зылд код- та, бирæгътæ йыл иу цалдæрæй æрæмбырд сты. Сæ дзых- тæ йæм къæппæй æрбацæйхастой. Кæнтæн йæ хъæлæс фесæфт, уæддæр ма хъæр кæнынмæ хъавыд, æмæ йæ хыр-хыр цыди. Елтагъан гæрзифтонг уыд, йае арц Фар- нæгмæ авæрдта, йæхæдæг сыл фатæй ралæууыд, цал- дæр дзы æрхауд бирæгътæй, иннæтæ лидзынмæ фесты. Кæнты байстой. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ гуыбырæй баззади Кæнт. Йæ хъæлæс фæстæмæ сыхъуыст, фæлæ йæ астæу нал сраст и. Æнæуи та фæрæтвæлдæхт фæци. Уый размæ-иу хъæдгомы кой искуы фехъуыстаид, æндæр æй æппын куы нæ агуырд- таиккой, уæддæр-иу йæ хосты дзæкъул йæ дæларм фæцав- та æмæ далæ фæуайы. Ныр ын хъæдгомы кой мауал скæн. Фынтæ халыныл æй бафтыдта Хуыцау, æмæ уыцы ад- джынæн куы райдайы халын искæй фыны хабæрттæ, уæд æм кæсгæйæ баззайынц — уымæй æндæр искæй фынтæ нæ, фæлæ йæхи фынты кой дæр нал скæнид. Цы хорзы йын бацыдысты фынтæ?! Бирæгътæн æй хæрын кодтой — мæнæ ууылты нæ рацыдысты Фарнæгитæ, йæ хæрæджы хал аныхъуырдтаид. Æмæ йæм цæуынц, æмæ йын дзурынц сæ фынтæ æмæ
Нарты Фарнæг 207 сын сæ халынтæ байдайы Кæнт. Уызыззæйы куыд нæ хъыгдара, афтæ сбады сæ тæрхæджы дæллаг кæрон æмæ сойыл цæуæгау фæцæуы йæ ныхас. Æмæ йын цынæгъуызон фын радзурдзысты! Дæлæ йæм фидиуæг Мæйгæсы мад чи у, Чъыдæ, уый та ахæм фынимæ смидæг иу изæрмилты. Цæвитгон, Мæйгæсы арвыста Ахуытæм æлхуыймæ. Дзæбæх æлхуый, дам, мын сæ схæсс. Иæ аргъ дæр ын арвыста йемæ — иу дзæбæх уæргъуын ын батыхта, æхсныст тæбынæй йын æй бабаста æмæ йын æй йæ къухмæ радта. Лæппу ацыд. Мад мидæмæ дæр нæма бахызт, афтæ дæлæ ссæуынц Мæйгæс æмæ Ахуы йæхæдæг. Æмæ кæд нæ хастой сæ уæхсчытыл хъайван- хæссæгау дыууæйæ æлхуый, стыр æлхуый, хъайваны йас æлхуый. Чъыдæ сæм кæсгæйæ баззад — уæдæ уый цы хуызæн æлхуый у! Куыд ын йæ фындз аразгæ ныккæндзæн къусмæ, куыд æй зилгæ ныккæндзæн. Куыд æй уромгæ бакæндзысты йæ уæрджытæ?! Хæдзары размæ- куы ’рбахæццæ сты, уæд зæхмæ æр- уагътой æлхуыйы бырынкъ æмæ йæ схъил кодтой, æмæ йæ куыддæр схъил кодтой, афтæ йæ цъуппæй атахт иу рæсугъд урсдæллагхъуыр дзывылдар æмæ сæ гом дуарыл фæмидæг и Мæйгæстæн. Ахуы йæ фæстæ каст дзывылда- рæн, йæ рихийы кæрон нысхъæл и æмæ цыдæр хинæйдзаг худт кодта йæ рихийы бын. — Хъæбæртæ хорз фын федтай! — йæ сæр ныттылдта фæйнæрдæм Кæнт, куыддæр Чъыдæ дзырд фæци, афтæ. — Дзывылдар — уый чындз у, чындз, фæлæ нызмæл æмæ нын чындзæхсæв бахæрын кæн. Чъыдæ кæсгæйæ баззади Кæнтмæ. — Дæ фарн æй куы зæгъид, стæй мыд æмæ царв куы фæхæрис уыцы дзыхæй! Фæлæ ма мын æй уæд дзæбæх- дæр радзур, дæхицæн уыцы зын скæн, — фырцинæй ба- рызтысты йæ уæнгтæ Чъыдæйæн, афтæмæй æввахсдæр бабадти Кæнтмæ. — Радзурдзынæн дын æй, цæмæннæ дын æй ра- дзурдзынæн, — йæ тæнæг былтæ иуырдæм дæр асæрфта Кæнт йæ армæй æмæ иннæрдæм дæр. — Дæ чындзаг и Ахуыйы хæдзары, дæлæ Царциаты Ахуы чи у, уый хæдзары, гъе. Нæ йæ федтай æлхуыйхæссæг куыд фæкодта йæхи Мæйгæсимæ.
208 Хуыгаты Сергей — Ахуыйы хæдзары, зæгъыс, Ахуыйы? Æмæ нырма сывæллæттæ куы сты, хæрз сывæллæттæ Ахуыйы чыз- джытæ. Нырма сæ хистæрыл дæр чызджы фæд куы никуыцæй зыны! — Чызджы фæд, зæгъыс, чызджы фæд? Чызг Нарты фæткъуыйæ уæлдай нæу — æхсæвæй бонмæ чындздзон кæны. Стæй йыл æддæмæ ницы фæд зыны, уымæ йын ма кæс. Чызгæн йе ’вæрæнтæ мидæгæй сты. Кæд сæ равдис- дзæн æмæ сæм кæд æркæсын кæндзæн лæппуты, уый ничи зоны. Гъестæй, куыд дын æй зæгъон, нæ зонын, фæлæ чызгмæ бирæ кæсын ницы пайда у. Донбеттырты чызджы- тæ нын нæ фæткъуы фыццаг кæркуасæнты цæмæн скъæф- той? Гъеуæд-иу йæ тæккæ хорзыл уыди æмæ уымæн. Чызг дæр афтæ у, йæ тæккæ чындздзонмæ куы бахиза, афтæ бæззы, гъе! Чындздзонмæ та æвиппайды хизы. Абон æм кæсыс æмæ сывæллон, райсом æм кæсыс æмæ уартæ йæ риуыгънæджытæ æддæмæ рахæцыдысты, йæ астæуы нарæг фæхицæн, сусæг кæстытæ æмæ сусæг улæфтытæ байдыдта. Чъыдæйы цæстытæ тыбар-тыбурæн бахъуыдысты — цытæ дзуры ацы Кæнт, кæд бындары лæгæй нæ баззади, уæд! Уæддæр æрæджиау загъта: — Æнæуи хæрзгъæд чызджытæ сты, æгæр æнахъом цы сты, уыййеддæмæ фауддзаг ницæмæй сты. Дзæбæх, сабыр, бонзонгæ чызджытæ. Фæлæ Кæнт нæ састи. — Уый мæнæ дæ хæдзары куы бамидæг уа, уæд æй фендзынæ, куыд æнахъом у, уый, кæддæра дын афæдзмæ фырыхъулы хуызæн лæппу нæ авæра дæ хъæбысы. — Нæ зонын, абоныстæн. Фæлæ ма дæ цæмæй афæр- сон: уæд уыцы стыр æлхуый та кæдæм хастой нæ лæппуимæ, цæмæ йæ хастой? Стæй афтæ стыр цæмæн уыди уыцы æлхуый? — Æлхуый чи у, уыцы стыр æлхуый, уый та уый амоны, æмæ, ома, ныр царды уæз хæсдзысты иумæ, ома, хиуæттæ уыдзысты, лымæнтæ ’мæ. Уæдæ! Фыны диссæгтæн кæрон нæй, нæ! Хæдзармæ йæм куы ничиуал фæцæуы, уæд уынгты дæр разилы Кæнт. Дуæрттæ дæр бахойы. Ай размæ йæ йæхæдæг федта Фарнæг. Дæлæ Уæлхæнты дуармæ балæууыд, йæ лæдз- æджы саджилтыл, галы сыкъатыл куыд ныххæцай, афтæ ных-
Нарты Фарнæг 209 хæцыд æмæ сын сæ дуар ныххоста йæ фындзæй лæдзæгæн. Уайтагъд æм сæ нæуæг чындз рауад, йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом афтæ тыхт уыди, æмæ дзы йæ фындзы цъупп æмæ цæстыты хуынчъыты йеддæмæ ницы зынд. Фарнæг Уæлхæнтæн сæ сыхæгты лæппутимæ сæ бахизæны æрчъиаг надтой нæрвæй æмæ сæм хорз зынди Уæлхæнты бахизæн лæппутæм. Ныхас дæр сæм дзæбæх хъуысти. — Гъæуым ма мидæгæй бинонты афæрс, æппын сæ кæд- дæра фын ничи федта дысон кæнæ æндæрæхсæв? Чындз æй нæ бамбæрста, æвæццæгæн. Йæ уадулæй йæ кæлмæрзæны ’хсæн йе ’нгуылдз атъыста æмæ кæлмæрзæн фæстæмæ асчъил кодта, хъус куыд разына, афтæ. — Фын, фын, æзын, афæрс бинонты. Чындз уæддæр лæууыд. Адгур æрбауайджытæ вæййы, фæлæ мæнæ афтæ исчи фынагурæг æрбацæуа, уый никуы федта æмæ суыргъуыйау. Æрæджиау йæ уæхсчытыл схæцыд æмæ ахызт мидæмæ. Кæнт йæ лæдзæг зæхмæ ныббыцæу кодта, йæ саджил- тыл ын хæцыд æмæ йæ цæстытæ дуармæ ныццарæзта. Афтæ лæууыди æмæ касти дуармæ. Уæдмæ йæм раздæхти чындз. — Нæй, ничи сæ ницы фын федта, — дзуры чындз, фæлæ йæ былтæ бастæй йæ ныхас дзæбæх нæ хъуысти, æмæ йæм Кæнт тынг хæстæг балæууыд, чындз ма йæм цыдæр æнæууæнкгæнæджы кæстытæ дæр бакодта. — Зæрæдты цы афарстаис, уайсадгæ сæм кæндзынæ ’мæ? — Нæ лæппуйæн сæ афæрсын кодтон. — Æмæ, дам, æппын ницы? Чындз йæ сæр батылдта. — Гæррæтт, куыд мæ бауырна! — йæ рахиз къух, цыма дзы искæй цæвынмæ хъавыд, уый хъил фæкодта Кæнт. — Ныры даргъ æхсæвы куыдз бамбидзæн, æмæ лæджы цæс- тытыл мацы ауайа фыны æгъдауæй! Уæдæ ’мæ сæ де ’дде нæ фæнды сæ фынтæ радзурын æмæ уый зæгъой! — хъуырхъуыргæнгæ рацыди Кæнт. Чындз ын, æвæццæгæн, тæригъæд фæкодта, йæ цæсты- ты уæлтъыфæлттæ æруагъта æмæ афтæ зынд, цыма Кæнты фæстæ йæ фындзæй каст, йæ растрагь рæсугъд фындзæй. Ныр Мæсыджы фæзмæ бахæццæ æмæ æрлæууыд Кæнт, 14 Хуыгаты Сергей
210 Хуыгаты Сергей афтæ зынд — уыдонмæ фездæхынмæ хъавы, фæлæ сæм нæ фездæхт. Мæсыджы рæбынты ныххызт æмæ йæ ных Тæнæгсыхмæ сарæзта. Æмæ та змæлæг нал уыди уынгты. Гыццыл ма алæууыд фæрссаджы цур Фарнæг, æмæ Уæр- тæмæны гуым-гуым æрцыди йæ хъустыл. Азила йæм, куыд загъта, афтæ ацахстой йæ цæстытæ: Кæнт кæуылты ных- хызт, ууылты схызт фæстæмæ æмæ уыдонмæ æрбараст. Фарнæг йæ размæ ахызт. — Ам стут? — кæрты дуарæй йæ сæр æрбадардта Кæнт. — Мæнæ стæм. Мидæмæ. — Уæрхтæнæг уын бынаты и? — Уæртæ Дургомтæм и. — Цы ми кæны Дургомтæм? — Дургомимæ, дам, абадон. Кæнт æрбахызт кæртмæ. Æрцæйлæууыд, фæлæ не ’рлæу- уыд. Мидæмæ бахызт. Уæртæмæны уатмæ ацамыдта. — Ацы лæппу дзыхæй нæма сдзырдта æппын? — Нæма. — Гъомæ куыд æрæгмæ дзуры? Гъеныр ай судзгæ мар- дæрцыд нæу?! Йæ хъæдгæмттæ бандидзыдтой, йæ сæсты- тæ бахсыстысты, Зæрисæр куыд зæгъы, афтæмæй, уæд ма йыл цы фыд æрцыди! Æмæ бамбæрста Фарнæг — уыцы хъуыды йæ раздæхын кодта Кæнты: ома, афонмæ сдзырдта лæппу æмæ уый бирæ фынтæ ма федтаид, уый гæнæн нæй. Цас фæфынæй кодта! Æмæ ма мæсыджы рæбынты фæстæмæ уымæн схызти. Фарнæг ницыма сфæрæзта дзурын Кæнтмæ — афтæ сæ дуар фегом и, цыма йæ тыхдымгæ фегом кодта, уыйау, æмæ къæсæрыл йæ сах лæудæй алæууыд Бурæфæрныг. — Ам ма дæ, цы, Кæнт? Уæхимæ дæм рараст дæн, фæлæ дæ ардæм цæугæ федтон æмæ уæд мæхи ардæм раппæрстон. Кæнт гуыбырæй лæууыд, йæ къухтæ къонайы артмæ тавта, афтæмæй йæм уæлæмæ касти. Фарнæг къонайы фарсмæ дыууæ бандоны æрæвæрдта. — Æрбадут, æз Уæрхтæнæгмæ бадзурон. Бурæфæрныгæн йе стыр тинты кæрц йæ уæлæ уыд, æмæ йæ фæдджитæ зæхмæ куыд не ’рæххæссой кæрцæн, афтæ сæ æддиæутты æрбатымбыл кодта, уæлæмæ сыл схæцыд æмæ æрбадт. Кæнт ма уæддæр гуыбырæй лæууыд.
Нарты Фарнæг 211 — Æрбад-ма, Кæнт, æмæ мæм байхъус, — дзуры хъæрæй Бурæфæрныг. — Æрбаддзынæн, — загъта Кæнт. Цыма нæ тыхсы, йæхи афтæ дардта, фæлæ тыхсти. Ай йæ исы цæсты кæсы, ацы Бурæфæрныг. Йæ фыр хъалæй йе ’рбадæнтæ йæхицæй нæ хоны, æмæ ахæм лæджы фын райхалын æнцон у?! Стæй, йæ бон у, æмæ атауыс кæна — ницы зоны Кæнт. Æмæ ма йæм уæд чи æрцæудзæн, чи ма йын радзурдзæн йæ фын?! Афтæмæй ацу ’мæ — гъа! Йæ фын дæр исты фыдыздыхтытæ ма уа, уый гæнæн нæй. Уæддæр æрбадти Кæнт. Йæ къухтæ та артмæ бадардта, аууæрста сæ кæрæдзийыл. — Уæдæ мæм дзæбæх байхъус: æндæрæхсæв мын мæ дуар ныххостай дæ лæдзæгæй. Афтæ йæ ныххостай, æмæ йæ гыбар-гыбурæй нал æнцади дуар. Æз расæррæтт ластон не ’фсины сæрты æмæ гом-æгæрцæй дуармæ балæууыдтæн. Ды мын дæ лæдзæджы саджилтæ мæ дыууæ цæстмæ ныц- царæзтай, дæ къæхтæ мыл ныххостай, æмæ та уыдоны гыбар-гыбур дæр нал æнцад. Æмæ мыл хъæр кæныс дæ хъæлæсы дзаг: — Ам дын дæ дыууæ цæсты раппарон дæ размæ?! — Цæмæн мын сæ ’ппарыс мæ дыууæ цæсты, цы дын кодтон? — фæрсын дæ, мæхæдæг хорзау нал дæн. — Ды мæнæ ацы бæрзæйыл хъылдым кæныс, ай! — хъæр кæныс æмæ дæхæдæг дæ тъæпæн армæй дæ бæрзæ- йыл дзæхст-дзæхст ралæууыдтæ. Æз старстæн æмæ нын- ныгъуылдтæн сисрæбын. Уым цыдæр æрбадæ. Æз лæу- уын, уазалы мæ гæв-гæв цæуы, фæлæ тæрсын æмæ лæу- уын. Æрæджиау баздæхтæн хæдзармæ. Кæсын æмæ не ’фсины тæккæ фарсмæ алæстæ ’мæ хуыссыс. — Цы ми кæныс уый? — фæрсын дæ, фæрсын дæр дзæбæх нæ уæн- дын, афтæмæй. Æмæ мæм хылкъахæджы хъæлæсæй дзурыс: — Мæнæ дын дæ усы уæззау кæнын. — Куыд æй уæззау кæныс, мæ уд? — Куыд вæййы, афтæ. Цы ма дæм сдзырдтаин! Уый фæстæ сыстадтæ, рагъæ- нæй мын мæ кæрц райстай, мæнæ мæ тинты кæрц, дæ уæлæ йæ скодтай æмæ рафардæг дæ. Куы райхъал дæн, уæд цалынмæ цырагъ ссыгътон æмæ, кæрц рагъæныл и, уый федтон, уæдмæ мæ ризынæй нал
212 Хуыгаты Сергей æнцадтæн. Ай ардыгон кæрц нæу, нæ, — йæ кæрцы тарыл ахæцыд Бурæфæрныг æмæ кæрцы мидæггаг равдыста Кæнтмæ. — Мæ фыдæн æй далæ Кæфтысæр хуыйæндоны æлдар балæвар кодта. Мæ фыд, Цæгæрфæрныгæн. Кæнт комкоммæ кæсын нæ фæрæзта Бурæфæрныгмæ, афтæ-иу æм рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæсты зул фæца- рæзта æмæ-иу ын ауыдта йе стыр фындз Бурæфæрныгæн — рагон гæнах æрдузы астæу куыд лæууа, афтæ лæууыди фындз уыцы стыр тъæпæн цæсгомы астæу. Æмæ-иу афтæ фæзынд Кæнтмæ — фын дæр ын уый дзуры, фындз, уый йын кæны фыны хабæрттæ. Фæлæ йын уæддæр æнæ рай- халгæ нæй фынæн æмæ йæ цы хуызы райхалдзæн? Фын дæр фыны хуызæн куы уаид! Цыдæр дудгæбойнаджы фын Уæд ма йын дзы йæхи та кæдæм батъыста йæ фыны? æ алыварс ын сæ куы равæрдта усæй, кæрцæй! Фæлæ йæ исчердæм ранывæндын хъæуы. Уыцы кæрцы рахаст фыстимæ сбæттын хъæуы, йæ дзугтимæ. Бæтгæ та афтæ, æмæ дын дæ фыстæй фæбырынвæнд чындæуы æмæ сæм дæ хъус æрдар. Фæзил дæ дзугтыл æмæ сæ банымай, хæрз нымад, хæрз. Гъеныр æй а усы цур кæй баййæфта, стæй йын ноджы афтæ кæй загъта, ома, дын уæззау кæнын дæ усы, уый та фыййæуттимæ хъæуы сбæттын. Уым ын дзы лæппу фыййæуттæ уыдзæн æмæ æххуырст лæппу цыбæлгæнаг у æхсинмæ, тыхджын цыбæлгæнаг æм у. Иннæмæй лæгмæ та маст фæхæссы, ома, уый цæмæннæ у æххуырст, ома, æз цæмæн дæн æххуырст. Æмæ йæ маст уыцырдыгæй фæи- сы, усы ’рдыгæй. Стæй, ай хъалзæрдæ у, Цыздинæг, æмæ йæхи дæр цæмæннæ æрфæнддзæн, иу къобор фыййау лæп- пуйы хъæбысы дзы куы батула, уæд! Уæтæртæм дæр-иу æм суайдзæн истæй æфсæнтты, де ’дде цыма цыхтахсæг устытæн исты ныстуантæ кæны, уый æфсон. Цы базон- дзæни лæг усы митæн! Уæдæ иухатт, йæ хъустыл куыд æрцыд Кæнтæн, афтæмæй йæ йæ уаты иунæгæй куы ныу- уагьта Цыздинæг Бурæфæрныджы æмæ Хæмыцы хæдзармæ куы афардæг и далæ. Иу дыууæизæрастæу, дам, æм кæм- дæр йæ æрхъызы дæндаг февдыста Цыздинæгмæ а Хæ- мыц. Ныр, уый хуызæн хъал цард чи кæны, ахæм сылыс- тæг уыцы фыдбылызы дæндаг фена! Уадзгуытæ, дам, кодта, æддæмæ, дам, бырста, уромæг, дам, æй нал урæдта. Куыд æй рауагътаиккой, кæдæм æй рауагътаиккой! й
Наргпы Фарнæг 213 Уый фæстæ, дам, иу бадты куы фæуæлчъиппой и, уæд æппæлыди Хæмыц, раст, дам, мын æмбисæхсæв бахæцыд мæ дуарыл. Цалынмæ, дам, цырагъ сыгътон, уæдмæ, дам, къухбæттæн хæцъил нал фæуагъта йæ уæлæ. Фыццаг кæркуасæнтæм, дам, мын мæ уд рагъæнмæ хизинаг скод- та. Цалынмæ, дам-иу йæ улæфæнтæ фегом сты, уæдмæ, дам-иу куы фæхуыдуг уа, уымæй старстæн. Стæй, дам, мæ къæрта ракуырдта, дон, дам, бахæссон хæдзармæ, цыма, дам, донмæ рацыдтæн, афтæ. Уæд ма йæ кæдæм æппæлыди Хæмыц дæр! Сылгоймаг лæмæгъ уд у. Уый тыххæй йын йæ алы къахдзæф кæдæм читт-читт кæныс адæмыл! Фæлæ сылваз лæг у Хæмыц æмæ дын сылваз лæг йæ дзыхы истытæ уромы! Æмæ йын уæд, уыцы æхсæв куы ныххостаид йæ дуар, уæд та кæй сæрты расæррæтт ластаид! Йæ бынат афтидæй куы баззади Цызди- нæгæн, уæд, йæхæдæг уартæ Хæмыцы кæройнаг хатæны къухбæттæн хæцъил куы нæуал фæуагъта йæ уæлæ?! Æмæ йын уыдæттæ чи уæнды дзурын. Стæй йæ хъæугæ дæр цæмæн кæны Кæнты уыдæттæ дзурын! Афтæ йын дæрдтыл æрдзурын хъæуы, афтæ-афтæ, дæ фыййау лæп- путæм дæ хъус дар, сæхи бар сæ ма уадз, чи сæ кæдæм цæуæг у, цæмæ цæуæг у, уыдæттæ сын хынц. Кæннæуæд лæппу лæппу у, æмæ исты галиу ми ракæнын мондагæй йæ къухы ныхтæ ’хсыны. — Æмæ мын æвзæр истæмæ куы нæ рацæуид! Дуар ныххойын æвзæр у, уæлдайдæр уыцы æнафоны. Уæдæ гомæй дуармæ балæудзынæ, уым дæр хорзæй цы и! Бын- тон мардæрцыд та, не ’фсины фарсмæ дæ кæй баййæфтон, уый у. Иннæ ахæм мæ кæрцы фæхаст, мæнæ мæ тинты кæрцы. Æмæ дзæбæх æркæс, — йе стыр арм кæфойы къуырф фæкодта, афтæмæй йæ бауыгъта Кæнты ’рдæм Бурæфæрныг. Раст уæд байгом и дуар æмæ къæсæрыл æрбахызти Уæрхтæнæг. — Ай нæм уазджытæ куы и! Уыдон сыстадысты. Кæнт гуыбырæй баззади уæддæр. Æмæ йæм ныр, гуыбырæй лæууыди, афтæмæй æндæр хъуы- ды æрцыди: цы лæджы митæ кодта нæ фæлæ Бурæфæр- ныджы фыны! Тæхуды ахæм лæджы цардæй гыццыл ацæр æмæ амæл!
214 Хуыгаты Сергей 15 Уæрхтæнæг бадти къонайы фарсмæ æмæ артдзæстмæ касти. Цæхæрыл-иу фæлм абадт, сырх-сырхид фæлм, æр- мæст-иу арты иунæг улæфтæн бафæрæзта, стæй-иу асыгъд зынджытæн сæ уæлæ æмæ-иу гом-æгæрцæй аззадысты уыцы ставд зынджытæ. Уый, дам, хурмæ цæуы, афтæ дзырдтой нартæм. Зынджытыл фæлм куы бада, уый. Хур хорз у, хъуыды кодта Уæрхтæнæг. Адæм базмæлдзысты, чи цуаны цæудзæни, чи... Уæрхтæнæг йæ хъуыды кæронмæ нал ахæццæ кодта. Сыстад, къонайы фæстæ цæджындзыл цы цырагъдон уыд, уымæй цырагъ райста, артмæ йæ бадардта æмæ дзæбæх куы ссыгъди цырагъ, уæд ыл уæлæмæ схæцыд æмæ лæп- пуйы хуыссæнмæ бараст. Цырагъы рухсмæ йæм бынтон фæкасти зонгæйы хуызæн. Æмæ ныссагъæс кодта — кæм æй федтаид ацы лæппуйы?! Æмæ йæ кæм федтаид? Кæм уыди? Уым уыди дæлæмæ-уæлæмæ дæр, айгуырты бæсты, æмæ йæ кæд искуы федта, уæд — æрмæстдæр уым. Æмæ йæ ныр сдзæбæх кæной æмæ йæ ауадзой, æмæ та амынæт- тæ кæна нартæй æмæ та сын сæ ацæуæнты уæрмытæ къаха! Нæ, нæ, мæнæ уал фæдзæбæх уа ’мæ сбæлвырд уа — чи у ’мæ кæцон у. Стæй йын исты хос кæндзæн. Уый фаг дæр нал суыдзæни! Уый та йæ фæд-йæ фæд ацæудзæни, Фар- нæг æй куыд нæ базона, афтæ æмæ йыл искуы фат суадз- дзæн. Æндæр ма дзы исты ис! Лæууыди Уæрхтæнæг æмæ рахъуыды-бахъуыды кодта. Иуафон базмæлыдысты лæппуйы цæстытæ, æвæццæгæн сæм цырагъы рухс бахъарыд, байгом сты æмæ цырагъмæ æдзæмæй баззадысты. Афтæ кастысты — лæппу цырагъ- мæ, Уæрхтæнæг — лæппумæ. Стæй бафарста лæппу: — Чи дæ? Уæрхтæнæг фесхъиудта æнæнхъæлæджы фарстæй, цы- рагъ фестъæлфыд йæ къухы. Багуыбыр и лæппумæ. — Уæрхтæнæг дæн æз. Нартæй дæн. Фæлæ ды чи дæ, ды кæмæй дæ?! — Уæртæмæн. Йæ ном уыдзæни уый — хъуыды кодта Уæрхтæнæг. Дургомы чызгæн дæр, дам, афтæ куы загъта ибон. Фæлæ йын афтæ æхцон цæмæн уыди йæ удæн, куы йæ фехъуыста
Нарты Фарнæг 215 уыцы дзырды, уæд? Афтæ йæм цæмæн зыны, цыма ма йæ фехъуыста кæддæр?! Æндæр дунемæ йæ цæмæн фæцæйскъæфта у’ыцы дзырд æмæ йæ æххæст цæмæннæ аскъæфта кæронмæ? Æмæ багуыбыр и лæппумæ: — Гъомæ кæцон дæ? Азырон дæ? Айгуырон дæ? Айгуынон дæ?! Лæппуйы былтæ та базмæлыдысты уый федта цырагъы рухсмæ Уæрхтæнæг, цыдæр та зæгъгæ дæр кодта, фæлæ йæ уый, уыцы фыццаг дзырды азæлд нæ уагьта хъусын æмæ, нæ бамбæрста, цы загъта лæппу, уый. Æмæ та дзуры лæппумæ: — Цы загътай, цы, нæуæгæй ма йæ зæгъ! Фæлæ лæппу ницуал дзырдта, цыма зæгъгæ дæр ницы кодта, афтæ æнцад хуыссыди. Æмæ ныссабыр хæдзар. Æрмæст ма цырагъы судзгæ æвзæгтæ цырагъы уæлæ куыд хылдысты æмæ, хæнтурс сыбар-сыбур куыд кодтой, уый хъуысти. Æмæ хъуыста уыцы сыбар-быбурмæ Уæрхтæнæг, йæ пыхс æрфгуытæ уæлиау систа, афтæмæй, йæ былтæ кæрæдзийæ фæхицæн сты, æмæ йæм дзы цыма иу уысм цыдæр æрбайхъуыст сыбар-сыбурæй æмæ кæмдæр йæ фæсхъус ныззыланг кодта, стæй уый хæдуæлвæд сирвæзти йæ дзыхæй: — Бæртæлæг?! Æмæ ныггуыр-гуыр кодта уыцы дзырд, хæдзар байдзаг йæ гуыр-гуырæй æмæ ныззылди лæппумæ Уæрхтæнæг æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: — Бæртæлæг?! Стæй фæцудыдта, цырагъ йæ къухæй ахауд, уæддæр ма йын йæ рухсмæ ауыдта цырагъæн — лæппу сонт бадт ракодта йæ хуыссæны æмæ йæ хъæр фæцыди уымæн дæр: — Бæртæлæг! Уæззау бонтæ скодта нартыл. Гуымирты хæсты фæмард сты Сæуæссæйы фырттæ Дзылæу æмæ Болатбæрзæй. Идæдзæй баззадысты йæ дыууæ чындзы Сæуæссæйæн — æртæ гуымиры рухсдзаст хо æмæ Зæрисæры фенддаджы чызг. Уæззау цæфтæ уыди Борæ. Афтæмæй хабархæссæг фæци: гуымиртæ ’мæ айгуыртæ сæ дзырд сиу кодтой æмæ
216 Хуыгаты Сергей рабырсынц. Йæ уæнгтæ нызгъæлдысты зæронд Сæуæс- сæйæн — кæцырдæм ма цы ми бакæна! Уæд æм Борæ дзуры йæ хуыссæнæй: — Цæуыл тыхсыс? — Куыннæ тыхсон! Гъа, æндæр ницы, фæлæ мæ идæдз чындзытæ та цы фæуыдзысты?! — Гуымирты хо, кæдæм фæцæуа, уый йын нал и. Зæ- рисæртæм уал ацæуæд Зæрисæры чызгимæ. Кæд ын тыр райгуыра, уæд агурдзæн йæ фыдыбæстæ. Арвычызджы та дæ хæлар Бæртæлæгмæ арвит. Цы гæнæн ма уыд! Зæрисæры чызг æмæ гуымирты хо сæ саутæ систой æмæ цæссыгкалгæ ныууагътой сæ зæронд хицауы æмæ сæ маркафа тиуы. Арвычызджы та Бæртæлæг- мæ фæкодта Сæуæссæ. Уæдмæ фыдгултæ æрбазындысты — сæ сæр зынди сæ кæрон — нæ, афтæ бирæ уыдысты. Сæ быны зæхх æнкъуысти ’мæ рызти. Сæ рыг сæ сæрмæ мигъау бадт. Сæуæссæ Борæйы Сечъылæгæтмæ бакодта, уырдыгæй, дам, ын кæд æнцондæр уаид хæцын. Фæлæ Сечъы лæгæ- тæй куыддæр фæстæмæ раздæхти Сæуæссæ, афтæ йыл хæрхæмбæлд фесты знæгтæ. Борæ сæ ауыдта, асæррæтт ласта кардæлвæстæй, се ’хсæн смидæг ис йе згъæрдарæсы æмæ сæ цъыччытæ байдыдта фæйнæрдæм. Бирæ сæ фæ- цагъта, фæлæ йæхæдæг дæр æрхауди уыцы хæсты Борæ. Зæронд Сæуæссæйы хæстарæхст дзыхæй-дзыхмæ дзури- нагæн баззади гуымиртæ ’мæ айгуыртæн. Фæлæ уый уыди йæ фæстаг хæст. * * * Бæртæлæг царди Хурыбыдыры кæрон рагон дурын гæ- нахы.. Уым æрбынæттон и Борæйы идæдз, Арвычызг. Иубон тæлæнтæ кæнын байдыдта. Бæртæлæг йæ нымæт йæ дæларм бакодта ’мæ хъæдмæ йæхи айста — æгъдау нæ амыдта нæлгоймагæн, ус кæм ара, уыцы хæдзары уа, уый. Иу æрдузы мусонг сарæзта æмæ дзы йæ нымæтыл йæхи æруагъта. Раст, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ йæм фæци хæрзæггурæггаг — Арвычызгæн дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди. Бæртæлæг йæ зонгуытыл ныллæууыд æмæ скуывта:
Нарты Фарнæг 217 — Табу дын, не Сфæлдисæг æмæ нæ дарæг-нæ уромæг Стыр Хуыцау! Æгайтма быныдзæрæг нæ фæци Нарты уæзæг. Бахъомыл сты лæппутæ Бæртæлæджы хæдзары, хъазын- хъом фесты, фæлæ сыл нæмттæ нæма уыд — сæ мад Ар- вычызг уыди æмæ сыл æрвон исчи куы сæвæрдтаид нæмт- тæ, афтæ фæндыди Бæртæлæджы. Арвæй та йæм ницы хабар цыди. Афтæмæй-иу æм лæппутæ сæхæдæг бауырдыг сты: — Ныр æнæ нæмттæй кæдмæ хъеллау кæндзыстæм арвæй зæххы ’хсæн?! Уæд федта фын Бæртæлæг, цыма йæм иу урсдæллагхъуыр маргь æртахт уæларвæй, уым йæ гæнахы раз абадт æмæ урсбоцъо лæг фестад æмæ афтæ зæгъы уыцы урсбоцъо лæг Бæртæлæгæн: — Лæппутæн се уæнгты кондмæ æркæс æмæ сыл уымæ гæсгæ сæвæр нæмттæ. Нæртон нæмттæ сыл куы сæвæрай, уæд сын тас у гуымиртæ æмæ уæйгуытæй — ам дæ алы- варс уаддзалх кæнынц æмæ дын сæ адавдзысты. Дыккаг бон Бæртæлæг сбæгънæг кодта лæппуты ронбас- тæй уæлæмæ æрысгæрстытæ сын кодта сæ уæхсчытæ, сæ фæсонтæ. Раздæр сæ чи райгуырд, уый уыди уæрхæй уæрхджын, бæзнæй — бæзджын, æмæ ууыл сæвæрдта Уæр- хæг. Фæстæдæр чи райгуырди, уый дæр уæрхæй уæрхджын уыд, фæлæ бæзнæй тæнæгдæр уыд йе ’фсымæрæй æмæ ууыл та Уæрхтæнæг сæвæрдта Бæртæлæг. Сæ цæрайæ къæбæр нæ хордта лæппутæн Бæртæлæг. Æнæуи дæр сæ йемæ кодта, хуыммæ цыдаид, уæддæр, хъæдмæ цыдаид, уæддæр. Лæппутæ-иу кæд сабыр уыдысты, уæд-иу дзæбæх ныхæстæ кодтой. Фæлæ сабырæй бирæ нæ фæрæзтой. Кæс-кæс æмæ та-иу сæ кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Уæд-иу сæ иргъæвын бахъуыд, æмæ бафиппайдта Бæртæ- лæг: хылгæнгæйæ кæд нæ кодтой лæппутæ уæззаудæр! Стæй-иу сæ куы баиргъæвта, уæд-иу йæ бæзджын рихиты бын худти — хорз æм касти, лæппутæ хылгæнгæйæ уæззау кæй кодтой, уый. Стæй сæ фыдыуæзæг бацагуырдтой, фæлæ сæ æнæ Бæртæлæджы бафæрсгæ цуаны дæр ничи ацыдаид лæппу- тæй. Кæс æмæ та-иу сæ исчи фæраст и Бæртæлæгтæм — арæхдæр Уæрхтæнæг, уый кæстæр уыди ’мæ. Æмæ-иу куы
218 Хуыгаты Сергей базыдта, Бæртæлæгтæм цæуын æй хъæуы, уый, уæд-иу сырæзти. Æвæццæгæн æй йæ зæрдæ зыдта — цыдæр хорз æм кæсы уыцы фæндагыл. Æмæ йыл уым скасти уæлбæх- мæ дыууæ хуры Хорæхæрзæйы дыууæ цæстæй. Æмæ йæ тавтой уыцы дыууæ хуры, йæ зæрдæмæ йын рухс дардтой — йæ бирæ хъизæмæртты йын уыдысты иунæг удыхос. Цы уды фидар ыл бафтыдтой уыцы дыууæ цæсты! Уый-иу Бæртæлæгтæм фæцæйцыди Уæрхтæнæг, уый та- иу Сагтысуадонæй дон сцæйхаста, Хорæхæрзæ. Къахвæн- даг бæхвæндаг кæм æрбалыг кæны, ууылты-иу æрбацæйуади, йæ даргъхъус дурын йæ къухы, афтæмæй. Уæдмæ-иу ба- зынд тæгæрты къохæй Уæрхтæнæг æмæ-иу ныллæууыд фæндаджы был чызг, æмæ-иу фæурæдта лæппу дæр йæ бæх. Æмæ-иу лæууыдысты. Æргомæй кæсын æфсæрмы кодтой кæрæдзимæ æмæ-иу аивтæй, исты æфсæнтты цы аныдзæвыдысты кæрæдзийыл сæ цæстытæ, æндæр-иу уынгæ дæр дзæбæх нæ фæкодтой кæрæдзийы. Сыбыртт дæр-иу сæ никæй былы бынæй схауди. Стæй-иу йæхимæ хæцыди Уæрхтæнæг: цæмаеннæ йæм сдзуры исты, æмæ йæм уый дæр сдзура исты! Йæ ныхас дæр хæрзаг дзæбæх уыдзæн. Стæй та сæмбæлдысты. Æнахуыр бон уыд уый — хуры рухс лæсæнтæ кодта зæххыл, æмæ зæхх сцæмтæ рухсæй, уæддæр хуры тынтæ цыхцырджытæ ныллæууьщысты зæхмæ. Бæхы рохыл æрбахæцыд Уæрхтæнæг, æмæ йæ фæстаг къæхтыл алæууыди бæх. Æмæ дзуры уæлбæхæй чызгмæ, цыма йæ ныры онг никуы федта, цыма йæ ныр фыццаг хатт уыны, уыйау: — Уæ, дæлæ чызг! Дæ донæй ма мын авæр. Мæ ком ма кæд æрмæцъæл уыдзæн, уæд æрмæст дæ донæй. Æмæ йæм чызг æнæ дзургæйæ слæвæрдта йæ дурын. Йæ урс цæнгтæ фегом сты — цæнгтæн сæ рæбынты абад- тысты уæллаггуыры уæгъд дыстæ. Фæлæ уый нæ бафип- пайдта чызг — касти лæппумæ, йæ даргъ цæстыхаутæ хъи- лæй баззадысты, йæ урс цæнгтæ — ивæзтæй. Уæрхтæнæг чызгмæ касти ’мæ нуæзта дон. Стæй фер- хæцыди, æвæццæгæн, дурыны дзыхæй æгæр рагуылф кодта дон, кæнæ та дзы ныхъуырын айрох, ч&згмæ касти ’мæ. Хуыфыди, уæддæр дурын не ’руагъта ’мæ дон сæх-сæхæй калд лæппуйæн йæ рихитыл, йæ тæрттыл. Чызг фæтыхст, йæ мидбынаты рæуæг аралæуу-балæуу
Нарты Фарнæг 219 кодта, цыдæр æм сцæйдзырдта лæппумæ, фæстæмæ йыл фæхæцыди йæ дзуринагыл, ферхæцыд æмæ схуыфыд уый дæр. Æмæ хуыфыдысты дыууæйæ — лæппу уæлбæхæй, дурын йæ къухы, чызг фæндаджы был, йæ цæнгтæ — уæлæмæ ивæзт. Уæдмæ дурыны дон цыд фæци. Уæрхтæнæг ма цалдæр хуыфты скодта æмæ æрсабыр и. Сулæфыд. Уæд банцади йæ тыхст хуыфынæй чызг дæр.Уæддæр ма йæ къабайы æддæмæдзыд тæрттæ æддæмæ-мидæмæ кодтой. Стæй йæ цæнгтæ æруагъта, йæ дыстыл æрхæцыд. Уæрхтæнæг æм дурын æрлæвæрдта. — Дон арæхæн — дæ цард. — Хæлар дын уæд, — цæуылдæр бахудт чызг. — Æмбисонды хорз дон у! — Уæдæ дзы уымæн ферхæцыдтæ? — Нæ, æрхæцгæ дзы уымæн нæ фæкодтон. — Уæдæ? — Æрхæцгæ дзы æнæуи фæкодтон. Чызг та бахудти, æмæ лæппу фæныфсджындæр и. — Дæ ном цы хуыйны? — Хорæхæрзæ. — Хорæхæрзæ?! — Ахæм ном никуы фехъуыста ’мæ йæ дис фергом и Уæрхтæнæгæн. — Æмæ мын цæмæн бадис кодтай мæ номыл? — Хорз ном у ’мæ уымæн. — Хорзыл дис нæ фæкæнынц. — Уæдæ? — Цин. — Цин ыл нырæй фæстæмæ кæндзынæн. Ууыл банцади сæ ныхас, цыма сæ фæрдгуытæ нымадтой, нымад сын фесты, æмæ ма, цы анымайой, уый сын нал уыди. Уæрхтæнæг бæхыл бадт. Хорæхæрзæ лæууыд, йæ дыууæ къухæй дурыны дыууæ хъусыл хæцыд, æмæ йæ уæрджытыл тулæгау кодта иуæрдæм-иннæрдæм афтид дурын. Æрæджиау загъта Хорæхæрзæ: — Ды нæртон лæппу дæ. Æз æй зонын. Лæппуйы цæстытæ базмæлыдысты. — Цæмæй йæ зоныс? — Сымах Бæртæлæгтæм цардыстут. Ды дæр, де ’фсы- мæр дæр, дæ мад дæр.
220 Хуыгаты Сергей — Бæртæлæджы дæр зоныс?! — Зонын. Уартæ уым цæрынц, — йæ сæрæй ацамыдта йæ уæхсчы сæрты æмæ йæ даргь къубал фæтынг и чызгæн. Уый йæм хорз фæкаст Уæрхтæнæгмæ. Йæ мидбылты бахудти æмæ бафарста: — Сымах та кæм цæрут? — Мах та уартæ уым, — ацамыдта та чызг уыцырдæм дæр. Тынг æхцон уыди чызджы дзыхы дзырд Уæрхтæнæгæн — сойыл цæуæгау лæгъз æмæ фæлмæн. Афтæмæй цыдæр зыланг кодта. Æмæ йæм не ’фсæсти хъусынæй Уæрхтæнæг. — Мах гуыргæ дæр Бæртæлæгтæм ракодтам, — загъта Уæрхтæнæг, цæмæй ма чызг дæр исты сдзура, уый тых- хæй. Чызг исдуг ницы сдзырдта, лæууыд æмæ йæ былтæ цыдæр мынæг змæлд кодтой. Уæддæр æрæджиау загъта: — Фатæй æхсын дæр уым базыдтат, Бæртæлæгтæм? — Уым базыдтам, уæдæ кæм. Бæртæлæг нын амыдта. — Гыццыл чызджыты дурынтæ куыд сæттын хъæуы, уый дæр уын Бæртæлæг амыдта? — чызгæн йæ мидбыл- худт стæпп кодта, æмæ йæ хъæлæрдзыйы донытылд былты ’хсæн фæзынди урс-урсид дæндæгты æнгом рæгь. Уыцы ныхасмæ ныззылди Уæрхтæнæг саргъыл æмæ зæх- мæ куыд расхъиудта, уый зонгæ дæр нæ бакодта — уый уа, уыцы тæнтъихæг бæгъæввад чызг ацы бæстырæсугъд?! Уæддæр мæнæ афтæ дон сцæйхаста йæ гыццыл дурыны, уыдон та хъазгæ-хъазгæ радзæгъæл сты Бæртæлæггы дуарæй. Чызджы куы ауыдтой дурынимæ, уæд Уæрхæг йæ къухты æнгуылдзтыл фатбос акодта æмæ йæ цæнгтыл ахæцыд фæй- нæрдæм, фатбос куыд айтынг уа, афтæ. Уæдмæ Уæрхтæнæг бæрзы къалиуæй фат ацарæзта, йæ фындзыл ын згъæр аф- тыдта ’мæ Уæрхæджы уæхскæй фехста чызджы дурын. Ду- рын базгьæлæнтæ и, уæдæ цы кодтаид. Тынг фæцыди сæ зæрдæмæ уыцы хъазт лæппутæн. Æмæ- иу хъахъхъæдтой, кæд та рацæудзæн донмæ уыцы чызг? — Уый-иу ды уыдтæ, уо Хуыцау, ды-иу уыдтæ уый?! — йæ иу уæраг чызджы раз нæумæ æруагъта Уæрхтæнæг. Чызг æм йæ худгæ цæстытæй æркасти. — Уый-иу æз нæ уыдтæн, ды-иу уыдтæ уый. Ды-иу асастай дурын. Фæлæ лæугæ скæн. — Тæхуды, ныр уыцы дурыны сæстытæй иу ссар, дæ
Нарты Фарнæг 221 риумæ йæ нылхъив — хæрзаг æнæбасæтгæ суаид уæд лæд- жы риу! Чызг йæ сæр батылдта. — Нæ дзы ссардзынæ ам мæ дурыны сæстытæй. Æз-иу сæм æрбаздæхтæн нæхицæй, сымах-иу куы ацыдыстут, уæд. Æруыгътон-иу сæ æмæ-иу сæ ахастон нæхимæ. — Æмæ-иу сæ цы фæкодтай уæхимæ стæй?! — Æццайы чындздзон чырыны-иу сæ бафснайдтон дзæ- бæх. — Æмæ ма ныр дæр уым сты? — Кæм сты уæдæ ’ндæр! — Æмæ дын цал дурыны асастон? — Æртæ. — Æртæ — уый амондмæ цæуы. Амонды коймæ чызджы сæр æркъул и, дурыныл гыц- цыл уæлдæр схæцыд, йæ даргъ æнгуылдзтæ йын йæ хъус- тыл сæхи дзæбæх æртыхтой дурынæн æмæ йæ зына-нæзына атил-атил кодтой. — Бæргæ, Хуыцау куы зæгъид амонд. Фæлæ фæрсæй- фæрстæм цæуынц амонд æмæ æнамонд. Лæгмæ сæ кæцы фæраздæр уыдзæн — ацу ’мæ йæ базон. Æз æнамондæй тæрсын, мæ уæнджы мигъ бады йæ тасæй. Амондыл ахъуыды кæнон, уый дæр мæ нæ уадзы уыцы тас, — Хорæхæрзæ цæхгæр фæурæдта йæ ныхас, стæй дурыныл схæцыди ’мæ фæстæмæ ацыд, цыма размæ цыди, афтæ æнæ къуылымпыйæ, хъæлæрдзыйы къутæртæм куы бахæццæ, уæд фæзылди æмæ азгъордта уыцы рагон фæндагыл Сагтысуадонмæ. Уæрхтæнæг йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Уый фæстæ дæр бирæ хæттыты сæмбæлдысты уыцы бынаты — Уæрхтæнæг арæхдæр цæуын байдыдта Бæртæ- лæгтæм. Уыцы ран ын рафтыдта йæ роны ’взист æвзаг Уæрхтæнæг, Хорæхæрзæ та йын йæхи хуьод цамта ’рцауыгьта йæхи къухтæй йе ’фцæгыл. Æмæ йын Уæрхтæнæг йæ ризгæ къухтыл йæ къух æруагъта чызгæн, йæ риумæ йын æрбал- хъывта йæ къух. Уыцы иунæг хатт ын бавнæлдта йæ къухмæ. Стæй хо- нæг ацыди Уæрхтæнæг. Куывд сæм уыди, Уæрхæгæн дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди ’мæ. Кæй хуыдтой, уыдоныл зылд фæци, сæхимæ куы рацæйздæхт, уæд æм фехъуыст хабар — Хорæхæрзæйы Адзаты иуцæстон уæйыг
222 Хуыгаты Сергей аскъæфта. Уæрхтæнæг йæ бæхы фæзылдта, æрдæгæхсæвмæ йæ фæтардта бæхы, Адзаты коммæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ Айгуырты уæрмы аирвæзт. * * * Уæртæмæн даргъкъахæй бадти йæ уаты, Уæрхтæнæг æм багуыбыр æд цырагъ, касти йæм æмæ дис кодта — куыд нæ йæ базыдта, ай бынтондæр йæ фыды хуызæн куы у, Бæртæ- лæджы хуызæн! Уæртæмæн дзырдта ’мæ дзырдта. Æмæ та-иу ныллæу- уыд, галтæ сыфцæй уæззау хъæд куы ласой, куы нæуал æй фæразой æмæ куыд ныллæууой, афтæ. Нæ фæрæзта дзырдты кæронмæ дзурын, йе ’фсæртæ-иу йæ коммæ нал кастысты, йе ’взаг-иу нал арæхсти. Æмæ-иу дзырдтæй 6и- рæтæн се ’рдджытæ ныууагъта. Фæлæ йæ Уæрхтæнæг æм- бæрста — йæ зæрдæмæ хæстæг уыдысты хабæрттæ æмæ уæд æнцонæмбарæн вæййынц. Бæртæлæг сын зыдта сæ хъуыддаг Хорæхæрзæимæ — куыд нæ йæ зыдта, чындзæхсæвмæ куы цæтгæ кодта йæхи. Уæйыг Хорæхæрзæйы куы аскъæфта, уæд æрбадт нал зыдта. Æрвылбон цыди уæйыджы гæнахмæ. Сихормæ йæм лæгъстæтæ æрвыста мидæмæ: мæ чындзы мын рауадз, дæ рынтæ бахæрон, куырдуаты бадæг бинонтыл нымад у, æмæ мæ амæй уæлдай адæмы цæсты ма бафтау. Сихорæй изæрмæ та-иу æм æртхъирæнтæ кодта: чызджы рауадз, æндæра дын дæ фыды риуыл куыдз аргæвддзынæн, цы мæ ’нхъæл дæ! Стæй йæм Уæрхæг æрхæццæ бынтон дудаг хабаримæ — Уæрхтæнæг фесæфт. Æмæ дзы Адзаты уæйыг дæр айрох, Хорæхæрзæйы мæт дæр æй нал уыди. Куыд фесæфти, кæм фесæфти?! Уым куы уыди, куывды, уæд тыхстысты — æрæгмæ здæхт Уæрхтæнæг! Йæ цæрæнбоны тыххæй рæгъ рауагътой хистæртæ — æгас хæдзар куыд ссара, йæ чынд- зæхсæвы ай хуызæн кæрдгæ фынгтыл цы фæбадой, тулгæ ’мæ хæсгæ цы фæуой. Ныр уый агуринаг фæци, Уæрхтæ- нæг, Уæрхæг æмæ Бæртæлæджы сæртæ та — додойаг. Æмæ-иу Уæрхтæнæджы агурынæй куы æрыздæхтысты Уæрхæг æмæ Бæртæлæг, уæд-иу сын Гугуту сæ размæ æнкъардæй фынг æрхаста, Бæртæлæджы бинойнаг. Фыц- цаг бонты йын йæ цæрæнбон куывтой, Хуыцауыл æй фæд-
Нарты Фарнæг 223 зæхстой. Стæй куы нæ æмæ куы нæ зынди, уæд та йын рухс кæнын байдыдтой — сæ сыкъатæ-иу фæкъул кодтой фынгмæ, æмæ-иу фынгыл ронджы ’ртæхтæ цæппузыртæ абадтысты, сæ цæссыджы æртæхтæ та-иу се ’нæдаст рус- тыл æртылдысты æмæ-иу, сæ сыкъатæ куы банызтой, уæд- иу сæ хъæбæр æрмттæй асæрфтой сæ рустæ. Уыцы хабæрттæ-иу ын фæстæдæр кодта Гугуту Уæртæ- мæнæн, хъусынхъом æмæ дзурынхъом куы фæци лæппу, уæд. Æмæ сыл тынг фæцахуыр и Уæртæмæн. Мад-иу йæ митыл архайдтаид, уый та-иу ын йæ фæдджи æриваз-æриваз кодта, Уæртæмæн, Уæрхтæнæг æмæ, дам, мын Хорæхæрзæйы аргьау ракæн. Аргъау нæ уыд — уый фæстæдæр базыдта. Бæртæлæг йæхæдæг уæдмæ æгас нал уыди. Дыууæ изæры астæу æрхæццæ сты цуанæй Фарнæг æмæ Уæн. Æрбацæуынц, уый куы базыдта, уæд сын сæ размæ дуар айтыгъта Уæрхтæнæг æмæ æрбахизæны уырдыг ныл- лæууыди сæ разы. — Уæ хæрзæггурæггаг — мæн! Нæ лæппу сдзырдта. Цас хабæрттæ мын фæкодта, цæ! Чи у ’мæ кæмæй у, уый та уын — фæстæдæр. Кæннæуæд уын иумæ æгæр бирæ уыдзысты цинтæ. Лæппутæй се ’ргъæмттæ æрæвæрын дæр айрох, афтæ- мæй балæууыдысты йæ уæлхъус, ныггуыбыр æм сты æмæ йæм дзурынц, кæрæдзийæн дзырды бар нæ дæттынц, аф- тæмæй. Лæппу сæм куы исты сдзуры, куы хъæрæй ныхху- ды. Семæ цы рæууон уæлдæф æрбахастой, уый хом сырды фыды тæфимæ иу кодта, лæппуйы улæфæнтыл æмбæлд, æмæ сæм дзуры лæппу: — Банцайут, стæй мæ мауал ныууадзут уæ рафæрс-бафæр- сæй, кæд уын къулбадæг ус нæ дæн. Уый бæсты уе ’ргьæмттæ æрæвæрут, стæй уæ иу уæ цуаны хабæрггæ кæнæд, уæ иннæ уæхсгьггæ фенæд æмæ физонæджы цьыс-цьыс суадзæд артæй, — йæхæдæг худы лæппу. — Æз афтæ федтон, гье! Лæппутæ се ’ргъæмттæ æрæвæрдтой, стæй февнæлдта Уæн — саджы раззаг хуылфыдзаума дæргъæй-дæргъмæ уæхстытыл атъыста æмæ сæ цæхæры уæлæ фæрсæй-фæр- стæм æрæвæрдта.
224 Хуыгаты Сергей Уæрхтæнæг къонайы цур лæууыд, йæ цæстытæ Уæртæ- мæнæй нæ иста æмæ хъуыды кодта — куыд нæ йæ базыдта! Бæртæлæгæй зæхмæ мур куы нæ уадзы, уæд æй куыд æнæ базонгæ фæци?! Лæппутæн æй фæстæдæр зæгъдзæни мæнæ, фынгыл куы æрбадой, уæд. Уыцы æхсæв цъынд не ’рхæцыди Уæрхтæнæджы цæстытыл — цы рухс сурæт сыл уади, уый сæм æв- вахс нæ уагъта хуыссæг. Иу афон сыстади йæ уатæй — бафæллади уаты. Къона хъарм уыди нырма. Нуæрст ракъахта. Цæхæр хъæлдзæг æрттывд кодта. Иу- цал- дæр æндзарæны æрæвæрдта цæхæрыл æмæ, дуар- гæронæй, йæ сынтæг кæм уыди, уыцы къуыммæ рацу- бацу систа. Уæдмæ хæдзары талынг фæбадт. Уæрхтæнæг дуарыл ахæцыди, арвгæронмæ акаст — арвгæрон цъæх-цъæхид дардта. Балцы цæуын афон уыд æмæ уым, дуарæй арвгæ- ронмæ касти, афтæмæй алыг кодта: мæлгæ кæна — цæргæ кæна, уæддæр æнæ фæцæугæ нæй — хъуамæ дзы йæ бæ- рæг базона Хорæхæрзæйæ. Куыддæр уыцы хъуыдыйыл банцад, афтæ йæ цæстытæ æрхæцыдысты Уæртæмæныл: лæппу лæууыд йæ хуыссæны раз æмæ кæд нæ хъавыд акъах- дзæф кæнынмæ! Æмæ йæм кæсгæйæ баззади Уæрхтæнæг. Лæппу фыццаг фæцудыдта, стæй уæртæ рараст æмæ рацæуы! Йæ къахдзæфтæй чи — гыццылдæр, чи — стырдæр, йæ къахайст — кæм тагъддæр, кæм уæзбындæр. Къонамæ æрбахæццæ ис, йæ къухтæ артмæ бадардта æмæ хъæ- рæй ныххудти. Йæ худынмæ æрцыди худын Уæрхтæ- нæгмæ дæр æмæ йæм худгæ бараст лæппумæ. Сæ ху- дынмæ фехъал сты Фарнæг æмæ Уæн. Фæгæппытæ кодтой сæ уæттæй, худгæ алæууыдысты сæ фарсмæ. Æмæ худтысты цыппарæй, къонайы цур лæууыдысты, афтæмæй, цыма заргæ кодтой, уыйау. Хæдзар рухс нæма уыд, фæлæ уыцы худтæй рухсæй-рухсдæр кодта. Бони- вайæнты уæлдæф мидæмæ бырста, мидæгæй цы бадт уæлдæф уыд, уый стад æмæ гом дуарыл æддæмæ хъуы- зæгау кодта. Уæд гом дуарæй æрбахызти Сагинæ, йæ цъæх цæстытæ цъæз^ пиллон уагътой — цы ’рцыди, цы худт сын бацай- дагъ æхсæвы цъæхæй! Ацафон Уæн сæгътæм куы фæзи- лы, иннæтæ сæ уæттæй стгæ дæр куы нæма скæнынц. Кæсы
Нарты Фарнæг 225 æмæ йæ сæрыхъуын арц сбадти чызгæн — уæртæ лæууы Уæртæмæн! Йæ уатæй рабадгæ йæ никуыма федта нырма, ныр лæууы иннæты ’хсæн æмæ худы. Уæд фескъуыди сæ худт, цæхгæр ныззылди æмæ къу- лæй фæндыр райста Уæн, ныццагъта фæндыр, æмæ йын иннæтæ æрæмдзæгъд кодтой. Фæндыры удызмæлынгæнæг уылæнтæ ’мæ уыцы фидар къухты ’мдзæгъд Уæртæмæны зæрдæйы дуæрттæ ныххостой æмæ нæ бафæрæзта лæу- уын — йæ цæнгтыл фæйнæрдæм ахæцыд, цыма йын 6а- зыртæ уыдысты. Æмæ уæртæ кафгæ бараст и Сагинæмæ. Сагинæ йæм фыццаг диссагмæ кæсæгау каст, стæй æнæн- хъæлæджы схæцыди йæ цæнгтыл æмæ ацыд кафгæ лæп- пуйы фæрсты. Æмæ азылдысты къонайы алыварс. Рызтысты фæндыры ризаг тæнтæ, æмæ сыл Уæрхтæнæг æмæ Фарнæджы фидар æрмтты къæрцц æмбæлди. Æртæ зылды æркодтой къонайы алывæрсты Сагинæ ’мæ Уæртæмæн æмæ ’рлæууыдысты. Æмæ февнæлдтой Фарнæг æмæ Уæн — Уæртæмæны хæрдмæ æппарын систой. Æмæ та сыл сæ худт стынг фæстæмæ. Æрæджиау куы ’рсыбыр сты, уæд сæм Уæрхтæнæг дзу- ры лæппутæм: — Куывдхæсджын фестæм, лæппутæ, фæлæ йæ зонут, — йæ ныхасæй фæлæууыд, цыма йæ зæрдæмæ хъуыста, уыйау æдзæмæй алæууыд гыццыл æмæ ма загъта ноджыдæр, — Стæй ма нæ балцы цæуын дæр хъæуы. Дард балцы, уæ- ззау балцы. Фæлæ уæхицæн иу дæс æмæ ссæдз æмбалы бацагурут. Хъарм бон скодта. Зымæг уалдзæджырдæм акъул, æмæ бæстæ айтынг и, ауæрæх и. Лæппутæй чи куыд цыди, афтæ- иу Уæртæмæны раз балæууыд, арфæ-иу ын ракодта, кæй адзæбæх и, уый тыххæй, стæй-иу йæ кæрц фелвæста æмæ- иу æй, кæртæн бонхæрæнырдыгæй цы ’мбонд уыд, ууыл баппæрста — æмбонд даргъ цæрæгойы хуызæн зынд, хъуынджын цæргойы хуызæн — æмæ-иу йæ куысты сæр балæууыди. Иутæ мит каддтой фезмæлæн бынæттæй, иннæтæ суг састой. Иу цалдæрæй сæ дыстæ басчъил кодтой æмæ агтæ æхсадтой. Иу лæппу та тьæпæн бадти, афтæмæй размæ 15 Хуыгаты Ссргей
226 Хуыгаты Сергей агуыбыр æмæ, тынг чи сфæлахс и, галæвзаджы хуызæн чи сси, уыцы сигæцыл кæрдтæ ссадта. Уæртæмæнæн æддæмæ уырындыхъ бандон рахастой, уым æй сбадын кодтой, йæ уæрджытыл ын арсы царм æрæм- бæрзтой. Бæргæ сын нæ куымдта афтæ бадын, фæлæ йæ сыбыртт дæр не суагътой. Ныр бадти æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта. Уæдмæ базмæлыд сылыстæг дæр. Сæ уæлæ даргь къабатæ æмæ, сæ уæрджытæм чи хæццæ кодта, ахæм æнæдыс кæр- цытæ. Чи сæ сасир хаста, чи — арынг, чи — æнхъизæны къæрта, чи та-иу сæ æнæуи афтид армæй æрбацæйуади уын- джы, æмæ-иу сфидыдта æгас уынг. Мидæгæй кæм цы и, æмæ кæцæй цы райсын хъæуы, уымæй Сагинæйæ хуыздæр кæй афарстаиккой устытæ! Æмæ- иу, йæ мидбылхудт йæ цæсгомыл базмæл-базмæл кодта, афтæмæй куы кæцæй ракаст Сагинæ, куы — кæцæй. Уæртæ та къæбицы дуарæй рауади, йæ фæстæ дыууæ сылгоймаджы сæ дæлæрмтты хъæдын тæбæгътæ. Уæртæ- мæнмæ фæкаст, æмæ йæм дуне цъæх-цъæхидæй ферттывта Уæртæмæнмæ, арв куыд ферттива, афтæ. Æмæ нал бафæ- рæзта бадын, сыстад, арсдзарм бандоныл батымбыл кодта æмæ кусартгæнджытæм ныйиста йæхи. Æххæст сæм нæма ныххæццæ, афтæ йæ хъустыл æрцыд кæйдæр хъæр: — Мæнæ ма агыл схæц, уо Батрадз! Хъæрмæ кæстæр лæппуты ’хсæнæй иу куырæфцæг ра- хицæн æмæ бараст, донæй йе ’дзагæй чи лæууыд, уыцы цæджджинагмæ. Йæ къахайст рæуæг, йæ къахæвæрд — уæззау, зæххыл-иу ахъаззаг фенцади йæ къах. Аджы хъу- стæм авнæлдта,фæхæст сыл, фелвæста йæ, кæрты дæллаг къуыммæ йæ ныддавта æмæ йæ, уым цы æртæ ала дуры лæууыд, æртæдзыхоны тигътыл æвæрдау, уыдоныл сын- дæг æруагьта. Уæртæмæн æм кæсгæйæ баззад — нырма хæрзæрыгон, бæзджынæрфыг æмæ къуыпных, йæ тымбыл цæстытæ цыма айдæнтæ уыдысты æмæ сæ адæммæ дардта — уæхимæ акæ- сут æмæ уæхи фенут! Сæ сæрмæ цæстытæн цæстыхаутæ, стæвдтæ ’мæ дæргътæ — æхсаргæрдтау схъæлæй лæууыды- сты. Йæ бæзджынгомау былты кæрон мидбылхудт æрбадт, æмæ-иу искæмæ исты куы сцæйдзырдта, уæд-иу базмæлы- ди мидбылхудт.
Нарты Фарнæг 227 — Чи уа? — дис кодта Уæртæмæн. Лæппуйæ нæма фæхицæн и йæ цæстæнгас, афтæ йæ разы æрбалæууыди Бырсæг. — Æз дæм хатыр курæг æрбацыдтæн, — дзуры хъæрæй Бырсæг. Уæртæмæн æм комкоммæ кæсы — уæртæ æнцад лæууы, цыма абондæргъы афтæ лæууын ис йæ зæрды. Йæ фидар æфсæртæ куы æрæнгом вæййынц, уæд исинæгты хуызæн цыдæртæ базмæлы йе ’фсæры къæдзтыл. — Кæд ма исты зонын, уæд дæ фыццаг хатт уынын, æмæ мæ уæд цæй тыххæй курыс хатыр? — Уынгæ дæ æз дæр фыццаг хатт кæнын, ма тæрс, æмæ йæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис — никуы дæ фед- тон, афтæмæй дæм лæбургæ кодтон æз. Стæй иунæгæй дæр нæ — æртæ хъæуыдзагæй дæм лæбурдтам æмæ сæ цырв æз уыдтæн, лæбурджыты цырв. — Бырсæг фæлæу- уыди, йæ сæр тыхджын ныттылдта. — Мæсты уыдтæн, мæсты лæг та йæхи дæр нæ уарзы, баззади фыдæлтæй. Знаг — бирæ, хион — цъус, цыма ныл сæ Хуыцау барæй æрхъула кæнын кодта. Фæлæ дзы адонæй æвзæрдæр нæй. Мады гуыбынæй нæма рабырыд адонæй æвзæрдæр. Æмæ дæ уыдонæй æнхъæлдтам. Мæнæ дæм баирвæзтыстæм, æнæ маргæ дын нæ загъта хос Хуыцау. Фæлæ кæдæй-уæдæй лæджы ми бакодта Фарнæг — нæ нæ бауагьта мидæмæ. — Уым Бырсæг гыццыл фæлæууыди, мæсты лæджы улæф- тытæ ныккодта. — Æмæ, дам, сæм фæкæсæм, цæмæй, дам, фæрухсдæр уа сæ цард æмæ фæхъармдæр. Мæ туг мын хæрынмæ чи агуры, уымæн æз хъуамæ йæ дзыхыл рон- джы нуазæн сдарон! Лæгмæ, дам, кард куыд хъуамæ сиса лæг. Ай мардæрцыд нæу, дудгæ мардæрцыд! Цыма цæмæй æвзæр у кард! Карды тас цæйбæрц и, æфсарм дæр дзы уыйбæрц и — уый цæмæннæ бамбары Фарнæг?! — Æмæ та фæлæууыди йæ ныхасæй Бырсæг, Уæртæмæнмæ сæр- къулæй бакаст, стæй бынтон ныллæг хъæлæсæй загъта. — Мæ ныхасæй мын ма сфæлмæц: стонг — хæраг, мæст- джын — дзураг. Æмæ мын ныххатыр кæн мæ рæдыд, — йæ ныхас нæма фæци, афтæмæй æнæхъæлæджы йæ зонгу- ытыл æрлæууыди Бырсæг. Æмæ ныррызт хæрисхъæдау Уæртæмæн, йæ цæнгтæ йæм ныййвæзта Бырсæгмæ.
228 Хуыгаты Сергей — Уæлæмæ сыст, кæннæуæд æз дæр æрлæудзынæн мæ зонгуытыл дæ фарсмæ. Кæд хатыр курыс, уæд дын фæуæд хатыр, æмæ уæлæмæ сыст! Уæззау улæфгæ сыстади Бырсæг, йæ астæуæй йæ рон халыныл балæууыд — æвзагджын рон, æмæ æвзистарæзт хъама йæ уæлæ — куы йæ райхæлдта роны, уæд сыл уæлæ- мæ схæцыди, æмæ сæ зыланг фæцыди роны æвзæгтæ ’мæ хъамайæн — рæсугъд зыланг, аргъуаны зыланджы хуызæн, æмæ фæйнæрдæм тайгæ ацыд зыланг. — Уæдæ мын кæд æцæг хатыр кæныс, уæд мын мæ лæвар баком. Хъамайы фындзмæ кæсын нæ хъæуы иууыл, уый æз дæр æмбарын. Фæлæ нæ цард æгæр кæм ныл- хынцъытæ вæййы, уым хъамайы фындзæй хуыздæр ницы арæхсы уыцы æлхынцъытæ халынмæ нырма. — Æмæ йæм бацыди хæрз хæстæгмæ Бырсæг, æрбатыхта йын рон йæ астæуыл æд хъама, æмæ бынтон æндæрхуызон фестади Уæртæмæн — сфидыдта! Мæнгæй нæ дзырдтой фыц- цагæттæ, нæ — нæ, дам, ахады ронбæгъд лæг цæсты. Уæд- мæ иу-цалдæрæй ’рбалæууыдысты цонгысчъилæй сæ алыварс. Елтагъанæн дзуарылæджы цæсгомау йæ цæсгом — рухс, йæ фарсмæ фидиуæг Мæйгæс, йæ даргъ зæнгтæ ныцца- рæзта фæйнæрдæм, Елтар та йæм чысыл цъынддзæстæй каст — æввахсмæ йын зын кæсæн уыд Елтарæн. Стæй ма æндæр чидæртæ ноджы. Се ’ппæт дæр хъæлдзæг æмæ йæхимæ ’ркаст Уæртæмæн. — Хуыцауы кæд фæнда, уæд гыццылгай фæлæгхуыз уыдзынæн æз дæр. — Стæй фæлæууыди йæ ныхасæй, кæдæмдæр дардмæ иу-цъусдуг фæкасти æмæ хъæрдæрæй загъта: — Фæцæудзынæн мæ фыды уæлмæрдмæ æмæ йæм ныхъхъæр кæндзынæн йæ ингæнмæ: «Дæ зæрдæ ма ’хсайæд, нæ ахуыссыди д’ арт, дæ уарзон нартæ дын æй нæ бауагътой хуыссын!» Афтæ загъта, стæй йе ’ргом аздæхта Бырсæгмæ, æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта уым Бырсæг. Фыдызгъæл фыхæй уыдтой лæппутæ, афтæ æрбахыз- тысты мидæмæ Уæрхтæнæг æмæ Дургом. Уæрхтæнæгæн йæ сæр уыди хæрз даст, æвæццæгæн, æй Дургомтæм адаста. Йæ уадултыл цыдæр сырх тæмæн абад-абад кодта. Йæ къахайст — фидар, бакæс æм — лæг цы вæййы, уый уыд. Дур^ом йæ фæрсты цыд, йæ гуыбырæй гыццыл зынди Уæрхтæнæджы цур.
Нарты Фарнæг 229 Уæртæмæн сæ йæ цæст нæ иста. Уыдон иу ран алæу- уыдысты, иннæ ран алæууыдысты, стæй æртытырдæм бахæцыдысты сæхиуыл. Уым сын лæппутæ фæйнæ тæвд хайы авæрдтой сæ къухтæм, фыхæй, дам, фенут дзидзаты, æмæ æууилын байдыдтой. Уæддæр Уæрхтæнæг тыхст — бæрæг ыл уыд: йæ пыхс æрфгуытæ-иу ныхы астæу абад- тысты раст, æмæ-иу йæ цæстытæн сæ цæхæр акалд. Сæ къухтæ сафтид сты лæгтæн, æмæ сæ сæ зæнгæйттыл ныссæрфтой, стæй, афтæ фæрсæй-фæрстæм цæугæйæ, бараст сты уымæ, Уæртæмæнмæ. Дургом ын йæ къух райста, дзæбæх ын æй æрæлхъывта дзæбæх — чысыл ма бахъуыд, бахуда Уæртæмæн. Æмæ йæм бадзырдта Дургом: — Цы фæдæ ме ’мбал? Æгайтма слæууыдтæ дæ къахыл. — Гыццыл афæстиат æмæ та загъта: — Мах демæ иу низæй сæйгæ стæм. Нæ мæм кæсыс — цы митæ мын бакодта уыцы сæрджын. Æниу мæ йæхæдæг дæр нæ баззади хъæстагæй, ма тæрс. Чызджы-иу афæрстытæ кодтон, адонæй-иу куы фездæхти нæхимæ, уæд. Æмæ ныссæххæтт кодта Уæртæмæнæн йæ зæрдæ — Сагинæйы фыд ма уа! Уæдæ-иу кæй хъуамæ афæрстытæ кодтаид æндæр, чи ма-иу сæм уыдаид хъуамæ?! — Ды сæ нырма райсдзынæ дæ маст, фæлæ мæгуыр æз дæн, арсы лæгæтмæ чи нæуал бабырдзæн йæ фазыл! Бирæ нæ, фæлæ ма иу арсы хъæлæсы уæддæр куы атъыссин мæ цонг. — Лæг йæ сæр æвæрæз лæджы тылд ныккодта, æмæ тынг бахъарыд уыцы сæры тылд Уæртæмæнмæ. Æнкъардæй касти лæгмæ — уый бафиппайдта Уæрхтæнæг æмæ йын бацамыдта лæджы. — Дургом у уый, нæ сыхаг, мæнæ нын нæ зылдтытæ чи акæны, уыцы чызджы фыд. — Уым йæ цæст æрхæцыд хъама æмæ роныл. — Кæм дын уыдысты адон? Æмæ йын хабар ракодта Уæртæмæн. — Йæ лæджыгъæд хуыздæр фæуæд Бырсæгæн. Æгъдау у уый, нæртон æгъдау, — стæй адæмыл йæ цæстытæ ахаста Уæрхтæнæг. — Кæм сты, гъа! Цалынмæ фынгыл не ’рбадтысты, уæдмæ сын дыууæ ныхасы загътаин. — Æмæ та Уæртæмæнмæ аздæхта йе ’ргом? — Æппын Фарнæгыл не ’рхæцыд дæ цæст? Уыцы рæстæджы кæртмæ ’рбахызти Фарнæг, йæ фæ- дыл иу къорд лæппу-лæджы гæрзифтонгæй. Се ’хсæн бæ-
230 Хуыгаты Сергей рæг дардта Бырсæг — йæ къухы дæргъæй-дæргъмæ арц, йæ фарсыл — цирхъ, кæрддзæмы ныгъуылди, уæлæмæ йæ нывæфтыд фистон зынд. — Фарнæг æрбацыд далæ, — бадзырдта Уæрхтæнæг- мæ Уæртæмæн. — Хуыздæр фæу, — загъта йын Уæрхтæнæг æмæ йæ къух фæцарæзта Фарнæгмæ. — Æрцу-ма ардæм, уо Фарнæг! Фарнæг йæ разы балæууыд. — Æрæмбырд сты? Уæд ма сæм адзур, æз сын дыууæ ныхасы зæгъон. Уайтагъд йæ алыварс æртыхстысты тæлыйау лæппуйæ- лæгæй. Уæрхтæнæг сыл йæ цæст ахаста, йæ мидбынат æрзылди. — Сосланыл та куы нæ хæцы мæ цæст. — Сослан балцы ацыди, бынаты нæй, — хъæрæй бадзырдта Уæрхтæнæгмæ Бырсæг. — Цымæ, кæдæм? — Ногъайы бæстæм далæ. — Æмæ ма йын дзы цы баззад Ногъайы бæсты, æрæджы дзы куы æрыздæхт, æнхъæлдæн. Уыцы ныхасмæ йын ничи ницы сдзырдта æмæ та уæд йæхæдæг загъта: — Фыдбылыз хæдзæй куы нæ ласид йæхимæ уый дæр, æгæргæнæг æгæр кæны, уый цæмæн ферох вæййы, цымæ, нæ иуæй-иутæй? — Уæрхтæнæг цæуылдæр ахъуыды кодта гыццыл, стæй йæ къух ауыгъта. — Цæй, йæ амонд конд у алкæмæн дæр. — Æмæ та нæуæгæй ахаста йæ цæст йæ алыварс. — Хæрзаг зæгъут — йæ зонд фæцыд мæнæй- уымæн. Цы гæнæн ис — зæрдæйы раз оххытæ ’мæ оф- фытæй нал вæййы. Зæрдæ цы зæгъа ’мæ цы нæ бакæн- дзæн лæг! Æз дæр мæ зæрдæйы коммæ кæсын — уæдæ нырма лæг дæн æз дæр. Тых ракæнынмæ уæ нæ кæнын, тыхы ныхмæ лæууынмæ уæ кæнын. Æмæ уый фыдæй баззади нартæн — тыхы ныхмæ лæууын. Сымахæн уæд уæ фылдæр гуырд нæма уыд, æз фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл куы фæцыдтæн. Æмæ мыл Адзаты иуцæстон æлгъысты къухæй мæ рухс дуне куы баталынг. Мæ роны ’взаг ныууагътон уæд уыцы чызгмæ фидыды нысанæн, уый та мын ме ’фцæгыл йæхи къухæй хуыд æмæ нывæф- тыд цамтæ ’рцауыгъта. О, уыцы цамтæ æмæ рон! Мæ уд
Нарты Фарнæг 231 æрмæстдæр уыдоныл хæцыди уыцы сыгъд æмæ уырыд азты. Дыууæ удау æмзæронд кодтой мемæ. Цамта — ми- дæгæй, æддæмæ цът куыд нæ зындаид, афтæ, æмæ йæ мидæг — æвзагхъуагæй мæ рон, — уым йæ кæрцы фарсыл ахæцыд Уæрхтæнæг, — роныл цы æртæ æвзаджы уыдаид хъуамæ, уыдонæй астæуккаджы бынат уыд афтид. Æмæ æнкъардæй кастысты лæппуйæ-лæгæй роны дыууæ ’взагмæ. Уæрхтæнæг лæууыди ’мæ уæззау улæфыди, хосдзау йæ уисы кæрон куыд фæулæфы, афтæ, æмæ та схæцыд йе ’рфгуытыл. — Ныр мæрдтæм ауырдыг дæн æз. Æмæ цы цæсгомæй æрлæудзынæн ме ’фсымæры раз æвзагхъуаг ронимæ?! Бынтон æнцонтæй нæ уыдзæни нæ фæндаг, фæлæ, кæд лæг искуы бахъæуы, уæд бахъæуы зыны. Ныр мæнæ акувдзысты, ’мæ æртæ рæгъы куы рацæуа, нæ фæнда- джы кой бакæндзыстæм уæд... Фарнæг лæгæрста астæуæй кæмдæр — йæ разæй дæр фистæджытæ ’мæ бæхджынтæ, йæ фæстæ дæр. Йæ къухы — арц, йæ фарсыл — цирхъ, йæ уæхскыл фатæй йедзаг фатдон ауыгъд. Сæ уæз ыл сæ ахъазæй тынгдæр æнцад. Фылдæр йæ развæндагмæ каст, фæлæ-иу хаттæй-хатт схæ- цыди йæ сæрыл æмæ-иу сыл афæлгæсыд Нартыл фистæгæй- бæхджынæй, федта-иу сын сæ лæбургæ бырст зæйы гуыл- фæны хуызæн. Æмхæццæ стæр — уый арæхстджындæр у. Раджы сбæрæг уый. Уыд Нартæм иу хæстон фæтæг Ардан — уый раздæр царди, бирæ раздæр æмæ, дам, афтæ дзураг уыд: фистæг æмæ бæхджын æмзонд æмæ æмарæхст куы уой, уæд сын тыхгæнæг тых нæ ары. Æмæ æцæгдæр афтæ кæй у, уый бирæ хæттыты равдыста Ардан. Лæгæрста ныр Фарнæг æмæ хъуыды кодта Сосланыл — семæ кæй нæй, уый хорз у æви æвзæр? Зын бамбарæн уыди Сослан æмæ зын бауромæн. Цы фæфæнд кæндзæн, кæцырдæм ассæнддзæн, уый ничи зыдта, стæй йæ алы хатт йæхæдæг дæр нæ зыдта. Лæг амарын туджы тæригъæд у — уыцы хъуыды йе ’мгæрæтты никуы ацыди. Хъæбæрзæрдæ рахаста æрдзæй æмæ хъæбæр къух. Уæд афтæ вæййы. Æнæуи та Сослан Сослан уыди. Йæ ном арвау нæрыди
232 Хуыгаты Сергей Нартæй Ногъамæ. Йæ ныхасыл ын дыууæ зæгъын ничи фæрæзта, ничи хаста йæ ныфс. Дæ фыдзæрдæмæ фæхъыза Сослан. Нæрæмон æй нæ рахуыдтой дзæгъæлы. Кæрæдзийы ивынц — бæхджынтæ æрхизынц бæхтæй, фистæджытæ абадынц. Куыд дарддæр цыдысты, афтæ мит уыд къаддæр. Хуртулæн рагъæй фалæмæ та бынтон тæнæг æмбæрзт разынди зæхх. Лæгтæн сæ фадхъултæй гьщцыл уæлдæр æххæсти, бæхтæн та сæ джыджыты онг уыди æр- мæст. Сæ къæхты бын уыцы тæвд æууæрстæй тади æмæ сæ фæстæ сауæй зади зæхх. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сæ искæмæнты сæ æрцыты æрттигътæ кæрæдзийыл баныдзæвыдысты, æмæ-иу сæ нæргæ зыланг фæцыди æрцытæн. Æмæ-иу афтæ зынд — уый сæхи зыланг у, фистæджытæ æмæ бæхджынты зыланг у, сæ хъомпал лæгæрсты зыланг. Стыр сихорафон сси, афтæ Сагахс йæ бæх хæстæг баскъ- æрдта Уæрхтæнæджы бæхмæ йæ хъузонау ацыд Сагахсы бæх Уæрхтæнæджы бæхы фарсмæ. Æмæ бадзырдта Уæр- хтæнæгмæ Сагахс: — Не ’хсæв Лæнцылæгæтмæ куы схæсиккам, уæд куыд уаид? — Хорз уаид, — сразы и Уæрхтæнæг. — Уæд афтæ бакæндзыстæм, — загъта ма Сагахс æмæ æгъдæнцæйттыл слæууыд, афтæмæй акасти уæлæты, æвæц- цæгæн, кæйдæр агуырдта æмæ йыл уыцы змæлгæ-здыхсгæ бырсты нæ хæст кодта. Уæртæмæн сын цыдæр хабæрттæ фæкодта æрхæц- æрхæцгæнгæ. Бæртæлæг æмæ-иу Гугуту изæрыгæтты къо- найы фарсмæ гуыбырæй бадгæйæ цы хабæрттæ кодтой, уыдонæй цыдæртæ бадардта йæ зæрдыл. Адзаты уæйы- джы кой-иу арæх кодта фыд, æмæ, дам, хорз уæйыг уыди, æвзæр уæйыг, дам, нæ уыди. Уаг дæр, дам, æм уыд æмæ æгъдау дæр. Уый, дам, де ’дде йæ сылыкъах æмæ йæ лымæн уæйыг сæ цæсгом куы бахордтой, уый фæстæ фæци афтæ. Йæхæдæг уындæй цаудгомау уыди Адзаты уæйыг, фæлæ йæм уый ныхмæ ус рæсугъд æрхауди — йæ сыхаг Доттоты уæйыджы чызг Зынбаттæ— бæрзонд, хъамбулуæраг сылыстæг. Æмæ йыл фæткуыл æнувыд уыди Адзаты уæйыг! Йæрæгъау-иу сæ сæрмæ рагъыл хызтаид, афтæмæй-иу, уым гæнахы дуармæ йæ сылыстæджы митæ куыд кодта
Нарты Фарнæг 233 Зынбаттæ, уымæ каст, æмæ йæ зæрдæ цины хъыдзы кодта. Иу бонрæфты йæ рæбинаг дæндæгтæй иу куы сриуыгъид Адзаты уæйыгæн — æнæуи дæр риссаг уыдысты йæ дæн- дæгтæ æмæ кæндысы сыф дардта гайлайы æфснайдæй. Куы- нæуал æмæ куынæуал æнцад йæ рыстæй дæндаг, уæд йæ рæгъау уым фæуагъта рагъыл æмæ азгъордта дæлæмæ: кæндысы фæлвых сыф дзы æрæууилдзæн, æмæ фæлæу- дзæни йæ рыстæй дæндаг. Зынбаттæйыл кæрты не ’рхæцыд йæ цæст, æмæ смидæг гæнахы. Гайламæ куыд сæвнæлдта кæндысы сыфмæ, афтæ иннæ хатæны дуары зыхъхъырæй цыдæр тæркызмæлд ацахста йæ хъус. Стæй та уыцы^змæлды бынæй тæрхæджы уæззау хъинц дæр фæцæуы. Йæ къух æрхауди гайлайæ афтидæй æмæ дзы дуарыл бахæцыд йæ къухæй. Йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой Адзаты уæйы- гæн, ницуал ауыдта, æмæ æрцъынд кодта йæ цæстытæ. Фæлæ йæ уыцы тæркызмæлд æмæ уыцы тæрхæджы уæззау хъинц нæ бауагътой цъындæй лæууын дæр. Æмæ та фæ- бæгъгъæтт кодта йæ цæстытæ Адзаты уæйыг. Æмæ дзæ- бæх равзæрста уæд — уæртæ Микоты уæйыг, хæлары цард кæимæ кæны, уый Зынбаттæйы йæ быны скодта сæ хуыс- сæн тæрхæгыл, æрмæст ма йæ дыууæ хъамбул уæраджы урс дарынц Зынбаттæйæн, æндæр дзы ницуал зыны уæ- йыджы бынæй. Æмæ ныббогъ кодта Адзаты уæйыг — йæ богъ æддæмæ рабырста мæ дæлæмæ нæргæ ацыд комы. Фæлæ йын уыдон нæ фехъуыстой йæ богъ. Уыдонмæ ницуал хъуысти сæ кæрæдзийы улæфты йеддæмæ. Æмæ ныззылди Адзаты уæйыг, йæхи æддæмæ раппæрста ’мæ богъбогъгæнгæ гæнахы къул- къул ахаста йæхи. Æрзылди гæнахы алыварс æмæ та ба- лæууыд, кæцæй расхъиудта, уым. Уæдмæ сæ тæрк змæлд фæци æмæ æнахуыр зыр-зыр кодта йæхинымæр Микоты уæйыг. Зынбаттæйæн та йæ урс хъамбул уæрджытыл цы- дæ^ æхсызгон ризæг бахæцыд æмæ рызтысты. Йæ маст ссыгъд æмæ ныггуыпп кодта Адзаты уæйьвгæн — йæ хъæлæсæй здыхсгæ пиллон ныццавта, йæ цæстытæй — судз- гæ цæхæр, æмæ ныззылди, зилгæ-зилын фелвæста йæ фæтæн- ком цыбыр кард æмæ сæ хуынчъытæ кæньш систа уырдæм, сæ хуыссæн тæрхæгмæ дыууæйæ иумæ. Йæ кард-иу хæрд- мæ куы фелвæста, уæд-иу дзы туг цыхцырæгæй ныллæ- ууыд æмæ-иу сæм уый нæма ныххæццæ, цыхцырæг, æмæ
234 Хуыгаты Сергей та-иу уыцы фæтæнком кард йæ фистоны онг афардæг сæ иухæст буары. Æрæджиау йæ цонг куы ныууæззау и æмæ, цы ’рцыди, уый йæм куы байдыдта хъарын, уæд ныззылди Адзаты уæйыг, ныббогътæ кодта ’мæ, йæ кард йæ къухы, афтæ- мæй фæстæмæ уынгмæ расхъиудта. Хур арвы астæу лæууыди, рухс хур æмæ хъарм хур æмæ йæм зæхх йæ талынг тæрттæ ’мæ фæллад фæсонтæ дардта. Æмæ ауыдта Адзаты уæйыг — уæртæ ’рбацæуы Зынбаттæ йæ уæхскыл доны къæрта ’рбахæссы, бæрзонд хъамбулуæраг, æмæ къæрта афтæ фидауы йæ уæхскыл, афтæ, æмæ йæм кæсгæйæ баззад Адзаты уæйыг. Ныр йæ дойны суадздзæн — куыд дойны йын у, куы! Зынбаттæйæн йе уæхскæй æрисдзæни йæ къæрта æмæ йæ афтæ йедзагæй сдардзæни йæ дзыхыл. Фæлæ ма уæд Микоты уæйыджы бын куыд уыд Зынбаттæ?! Дæлæ куы и, доны къæрта куы ’рбахæссы йæ уæхскыл? Кæд йæ цæстытыл ауади уый — Микоты уæйыджы бын кæй уыди, уый?! Æмæ та йæ маст рафыхти — уæдæ æндæр цы ауадаид йæ цæстытыл, уый сын нæ уыди! Цæмæн сыл ауади, Зынбаттæ сæ тæрхæгыл Микоты уæйыджы бын куыд хуыссыд, уый?! Æмæ та ныззылди уым æд кард æмæ йæ карды фындзыл фелвæста йæ цæст, йæ рахиз цæст. Лæууыди ’мæ йæ цæстмæ касти карды фындзмæ, афтæмæй сыгъди: йæ комæй пиллон калд, йæ цæстытæй — цæхæр, къахт цæстæй фылдæр цæхæр калд ноджы. Æмæ йæм, лæджы ’гъдауæй цыдæриддæр уыд, уый сыгъди, быны сыгъд кодта. Уыцы бонæй фæстæмæ йæм адæмы хъæр нал байхъуыст. Йæхимæ нал æркаст, сбызгъуыр æмæ схæмпæл. Хорæхæрзæйы дæр уæд ахаста, йæ уды лæджыгъæдæй куыницуал баззад, уæд. Бахъуызыд æм, фæндаджы был та куы лæууыди æд дурын, уæд, йæхи йыл ныццавта æмæ йæ афардæг кодта. Изæрмилты схæццæ сты Лæнцылæгæты фæзилæнмæ. Кæсынц æмæ лæгæты къулы скъуыдæй цирхъы хуызæн дæргъæй-дæргъмæ рухс хауы. Бæхджынтæ æрфистæг сты, фистæджытæ сыл бамбырд сты: чи уа? цы уа?! — Иу-дыууæйæ ма æмбаргæ бауайут æмæ искуыцæй бакæсут мидæмæ, кæддæра чи у ’мæ цы гæнæг у, —
Нарты Фарнæг 235 комкоммæ рухсмæ касти, афтæмæй загъта Уæрхтæнæг. Лæппутæй дыууæ фæхицæн, сæ даргъ æрцытæ сæ дæлæрмттæм систой æмæ фæтæссар кодтой лæгæтмæ. Уайтагъд сæ хъæр фæцыди: — Сослан у, рацæут! — Нæхи Сослан? — Гъо! — Æмæ цы ми кæны? — Физонджытæ кæны. — Гæр æмæ кæцæй фæци! — фæрсгæ никæй кодта, æнæуи хъæрæй загъта Уæрхтæнæг, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Хуыздæр фæуæд, æгайтма Сослан у ’мæ æндæр исчи нæу. Стæй фæтæссар кодтой уыцы тымбылæй. Бæхты æдде кæстæртæм фæуагьтой, иннæтæ лæгæты нарæг дуарыл куыд хистæрæй бахызтысты иугай. Сослан арты раз гуыбырæй бадт, йæ дыууæ къухы дæр уæхстытæ æмæ сæ артмæ дардта. Нарты куы федта ’мæ нартæ сты, уый куы базыдта, уæд сыстад, уæхстытæй иу йæ дзыхмæ бахаста, йæ фарсæй йын ныккомдзаг кодта æмæ æууилгæ-ууилын бафарста: — Ронг уæм нæй? Лæппутæ цалдæрæй хордзентæм азгъордтой. — Цалынмæ рухс у уæдмæ сугтæ ’рбахæссут, уæртæ уым — саджы мард æмæ йæ сфизонæг кæнут, — стæй Уæрх- тæнæгимæ, арты фарсмæ цы дуртæ уыди, уыдонæй фæйнæйыл æрбадтысты. Лæппутæ базмæлыдысты. Иу та сын уырдыг балæууыд, йæ дæлармæй лалымы зырнæйзылд къах зынд. Йæ къухы цы сыкъа уыд, уым ныффу кодта — фу ныннæрыд сыкъайы мидæг æмæ нæргæ федде, стæй йæм ронг рауагъта сыкъамæ. — Кæцæй фæдæ? — сыкъа йæ къухмæ райста Уæрхтæнæг. — Фæрсгæ — уый фæстæ. Сыдæй мæ удыбонтæ сха- уынц, — уæхсты фарсмæ та йæ фидар дæндæгтæ фæца- рæзта Сослан. — Уæдæ дын кувæг Хуыцау дзæбæхæй скувæд, — йæ ныхас кувынмæ фездæхта Уæрхтæнæг. Фæсахсæвæр саг хæрд куы фæци, йе стджыгæ ма артдзæсты хъыггаг фæздæг куы уагьтой, сæхæдæг нартæ алырдæм куы ныффæлдæхтытæ сты, уæд сын ракодта хабæрттæ Сослан.
236 Хуыгаты Сергей Далæ йын Ногъайы цы рæгъау ис, уым ын иу æххуырст кусы, амæй чи фæлыгъди, Адзаты уæйыгæй, ахæм. Хорæ- хæрзæйы кой дæр ын уый фæкодта. Ком ын куы нæ радта уæйыгæн, уæд дзы кæркгæс скодта. Уæддæр-иу æй æрвыл- изæр, кæрчытæ куы ’рсабыр сты сæ бадæнты, уæд рацахстой йæ дæлдæртæ уæйыгæн Хорæхæрзæйы, йе ’ддаг дарæс-иу ын фелвæстой æмæ-иу æй, уæйыг кæм хуыссыд, уыцы уаты смидæг кодтой. Уæйыг-иу æм рагæпп кодта йæ тæрхæгæй, йæ хъæбысмæ-иу æй фелвæста æмæ-иу æй йæ тæрхæгмæ фæцæйхаста. Фæлæ никуы бахæццæ и уæйыджы тæрхæгмæ Хорæхæрзæ — ^æнцон нæ уыди уый урс дзæнхъа буарыл аныдзæвын. Йæ туг-иу ныггуыпп кодта уæйыгæн æмæ-иу фæтæркк. Зыр-зыр-иу ыл бафтыд, йæ уæнгтæ-иу æркаддысты. Чызг-иу бар-æнæбары феуæгьд и йæ хъæбысæй. Йæхæдæг ма-иу дзедзылæйттæгæнгæ бахæццæ йæ тæрхæгмæ æмæ-иу дæлгоммæ бахауд. Афтæ царди Хорæхæрзæ. Æмæ йын йæ боны кæркгæсы фыдæбон уый бæрц хъизæмар нæ уыд, æрвыл изæры йæм цы сау хъизæмар касти. Йæ уд удыл нал хæцыди уыцы хъизæмарæй. Уæрхтæнæг йæ рæмбыныкъæдзы цыргъ йæ уæрагмæ скодта, йæ сæр йæ тъæпæн арммæ æруагъта æмæ афтæ бандзыг. Æмæ ныссабыр æгасæй дæр лæгæт — йæ фырсабы- рæй йæхи мидæг æнахуыр гуыв-гуыв кодта, цыма дзы кæм- дæр рæбынæй мыдыбындзыты æвзæн уыд. — Æмæ уæддæр ам цæмæн дæ? — йæ сæрыл не схæ- цыди, афтæмæй бафарста Уæрхтæнæг. — Уырдæм цыдæй рацыдтæн ауылты. Мæ къухы куы ницы бафтыдаид, уæддæр уал бабæрджытæ кодтаин — куыд у, цы у. Æмæ дæм исты бæрæг ныххастаин а мæгуыр сы- лыстæгæй. — Æмæ цæмæй зыдтай нæ хабæрттæ? — Æрыхъуыстон сæ, базыдтон сæ. Æцæгæлон хабæрттæ мын нæ уыдысты, мыййаг — нæртон хабæрттæ уыдысты. Бахъарыдысты Сосланы ныхæстæ Уæрхтæнæгмæ, иу арф улæфт ныккодта æмæ йæ сæрыл схæцыди. — Ныххатыр мын кæнут, уо ме ’фсымæртæ! Кæстæртæ стут сымах. Хæдзары уæм нæ бадзырдтаин а ныхас — хæдзары фарн стыр у, — йæ хъæлæс цыдæр фидар нæргæ цыди Уæрхтæнæгæн æмæ йæм кæсгæйæ баззадысты нар-
Нарты Фарнсег 237 тæ. — Нæлгоймагæн дыууæ хорзæхы рауагъта Хуыцау: Фæсыстæр æм цы нуазæн радтынц, уый æмæ сылыстæ- джы рæвдыд. Æз нæ бавзæрстон сæ иу дæр. Æмæ мæ сæхи- мæ нæ бауадздзысты мæрдтæ. Уыцы мæтæй уæ ракодтон ацы дард фæндагыл. — Уым фæлæууыд, æмæ афтæ зынд — фæци йæ ныхас. Фæлæ уæд фестади йæ бадæн дурæй, йæ сæрыл схæцыди бæрзонд æмæ йæ хъæлæс нæргæ рацыд: — Æгадæй нæ аздæхдзынæн, мæ худинаг нал фæхæсдзынæн фæстæмæ. Æмæ цы нæ вæййы! Уæд уæ, уо ме ’фсымæртæ, Хуыцауæй курæгау курын — мæ фæстаг бынат-иу мын уым скæнут далæ — Сагтысуадон æмæ Бæхвæндаг кæм баиу вæййынц, уым. Цырт-иу мын ма ныссадзут, цырты аккаг лæг нæ рацыдтæн æмае мæ цырт нæ хъæуы. Сослан æнкъардæй бадт. Йæ дыууæ æнгуылдзы уылын- гивæзт акодта æмæ сæ йæ рихиты стъыста. Йæ^цæстытæ æрдæгцьынд уыдысты æмæ сæ ньпсьулгæ нæ кодта. Йе ’рфгуы- тæ дæр æмыдынгæй лæууыдысты цæстыты сæрмæ. Фарнæг йæ дыууæ армы йæ сæры бын бакодта, рахæцыд йæ сæрыл æмæ Сосланмæ каст. Æмæ йæ бадгæйæ нæ уыдта, фæлæ кафгæйæ. Мæнæ, Уæрхтæнæгæн куывд куы акодтой, уæд куыд кафыди, афтæ каф^гæ. Уый размæ Арци кафыд, хорз фæкафыди тынг Арци. Йæ къахкъухтыл-иу ныззылди æмæ-иу цæст нæ хæцыди йæ зылдыл, афтæ рæуæг зылд. Æмæ ничиуал кафыд — иуæй йæ ныфс ничиуал бæрæг хаста, иннæмæй та уазæг у, уадз æмæ уæлахиз уа! Фæлæ дын уæд ма феста Сослан! Йæ басылыхъ йæ артæнтыл абаста æмæ уыцы иу лиуырдæй фынджы кæрон куыд алæу- уыд, уый уынгæ дæр ничи акодта. Байдыдта уыцы ран кафынтæ ’мæ зилынтæ. Иуафон уырдыгстджытæй кæцыдæр хистæртæм бæгæныйы кæхц фæцæйхаста. Сослан æм æрæв- нæлдта кæхцмæ, райста йæ лæппуйы къухтæй æмæ йæ йæ сæрыл сæвæрдта, афтæмæй йæ кафыны кой кодта. Фын- гыл бадджытæй боцъо кæмæн уыд, уымæн ныппыхцыл и йæ боцъо Сосланы кафты дымгæйæ, фæлæ бæгæныйы кæхцæй иу æртах не ’рхауд. Нæ, нæ уарзта Сослан, исчи дзы фæразæй уа, уый. Бадти Сослан æмæ йæм касгысгы лæппутæ — цы бадг фиды! Кæдмæ баддзæн уыцы æдзæм бадтæй! Кæдмæ дардзæни уыцы æнгуылдзтæ уыцы рихиты тъыстæй?! Æмæ фæлладысты лæппутæ. Уæдæ сæ хуыссæг дæр куыд нæ ахста. Уæддæр
238 Хуыгаты Сергей сæхи тылиф кодтой сæ фæлладæй дæр, хуыссæгæй дæр — куыд æй ныууагътæиккой афтæ бадгæ Сосланы æмæ куыд сху ыссыдаиккой! Иуафон нæдæр йæ сæрыл схæцыд, нæдæр йе ’нгуылдзтæ æриста йæ рихитæй, афтæмæй райдыдта: — Иу хъуыддагыл тыхсын æмæ, гъа-ма, кæддæра сымах та цы зæгъиккат. Цæвиттон, уыцы æвзæрæн кæд нæй уасæг хъаггæнæг. Стыр уасæг, фысы йас. Гæнахы сæр ын бынат и, уырдыгæй фæлгæсы. Куыддæр йæ цæст истæуыл æрхæцы, кæнæ йæ хъусыл ауайы исты, афтæ ныууасы. Уасгæ та афтæ хъæрæй кæны æмæ гæнахы фисынæй дуртæ рахауы. Æмæ райхъал вæййы уыцы æмбыд хæрæг. — Æмæ иудадзыг фынæй кæны? — бафарста лæппутæй чидæр. — Фылдæр — фынæй. Хæргæ ’мæ хуысгæ. Искуы ма иуафон рахилы æддæмæ. Кæд атагьайы искæуыл бамбæлы, уæд æй æрцахсы æмæ йæ йе ’хгæд дуарыл фæмидæг кæны. Уым сæ алы куыстытыл бафтауы. — Ныр æй хъалæй куы баййæфæм, уæд нын цы ра- кæндзæн? — баппæрста та йæ ныхас лæппутæй чидæр. — Æмæ йын мах цы ракæндзыстæм уæд?! Уыцы бæрзонд бырутæ, уыцы æхгæд дуæрттæ! Стæй уæ рох ма уæд — уæйыг у, цыдæриддæр кæд у, уæддæр. Нæ, хъалæй йæ хъуамæ ма баййафæм. — Ныр ыл искуы иу аууон ранæй аскъæр фат уыцы уасæгыл, уæд куыд уаид? — йæ лыстæны рабадти Бырсæг. — Хорз уаид, — хъæрæй загъта Сослан, — фæлæ йæм хæстæг бацæуæн нæй, дардæй та йæм хаугæ нæ бакæндзæни фат. Стæй йыл æмбæлгæ дæр куы нæ скæна — иу ран нæ лæууы, рафт-бафт кæны. Æмæ та ныссабыр сты нартæ. Сæ сæртæ, Сосланмæ куыд хъуыстой, афтæ баззадысты хъилæй. Æмæ уæд далæ кæстæрты ’рдыгæй райхъуыст: — Бадгæ нæ кæны бадынафон уыцы бындары уасæг? — Бады ’мæ цы? — адзырдта кæстæрты ’рдæм Сослан дæр. — Уæд нæй ныббырсæн гæнахмæ, уый бадгæ куы кæна, уасæг, уæд? — Гæр æмæ дæ уыцы талынджы, йæ цæсты къух кæмæн фæтъыссай, уый йæ куынæ фендзæни, уæд мах цы агургæ
Нарты Фарнæг 239 кæндзыстæм, цы аргæ скæндзыстæм! Нæ, талынджы ныб- бырсæн нæй. Уæд растади йæ бынатæй Сагахс. — Ныр ын фат йæхимæ нæ, фæлæ йæ бынмæ сараз кæм лæууы, уым йæ тæккæ къæхты бынмæ. Фат дæр афтæ нæ, фæлæ йыл фæлын топтыхт скæн, ронджы йæ стул, афтæмæй. Сосланы æнгуылдзтæ рихитæй æрбырыдысты, роцъойыл æрæнцадысты. — Стæй? — Стæй уасæгыл ронджытылд фыдызгъæлы тæф сæм- бæлдзæн æмæ нал ныууасдзæн. — Цæмæннæ? — Хæрыныл фæуыдзæн. — Стæй? — Стæй ахæрдзæн, ронг йæ сæры смидæг уыдзæн — цас æй хъæуы карчы сæр йеддæмæ ницы у æмæ афынæй уыдзæн. Уæрхтæнæг иу каст Сагахсмæ кодта, иу каст — Сосланмæ. — Æмæ, дардæй куы фехсæм фат, уæд раст куы нæ бацæуа йæ къæхты бынмæ. Хæстæгдæр æм куы бацæуæм, уæд та нæ уынгæ куы фæкæна. Уæд Елтар дæр рабадти йæ хуыссæны, йæ уæрджытыл слæууыд. — Фат æз сараздзынæн, кæдæм æй хъæуы, уырдæм. Сослан йæ къух æриста йæ роцъойæ, Елтары ’рдæм æй адардта, дзургæ ницы скодта Елтармæ, афтæмæй фæстæ- мæ æрбайста йæ къух. — Æхсгæ та йæ æз фæкæндзынæн фаты, — æнæнхъæ- лæджы йæ уæрджытыл алæууыд Батырадз дæр. Æмæ та уымæ дæр адардта йæ къух Сослан. — Ды? — Æз, — йæ сæр разыйы æнкъуыст бакодта Батырадз. — Æмæ нырма знон дæр æнæ хæлафæй куы рауай-бауай кодтай уынгты, Хæмыцы фырт. — Знон иууылдæр æнæ хæлæфтæй рауай-бауай кодтам, — бахудти Батырадз. Æмæ Фарнæджы зæрдыл æрбалæууыд Бырсæг Батыра- дзы куыд нæ уагьта семæ стæры цæуын, уый. Гъа-ныр араст уой, афтæ а Батырадз дæр сæ кæрон ма балæууа лæппутæн.
240 Хуыгаты Сергей Бырсæг æм ракасти дæлæмæ. — Ды та цы лæууыс уым? — Цæугæ кæнын æз дæр. — Кæдæм цæуыс? — Стæры ’ндæр кæдæм. — Æмæ нырма дæ хъуымыз куы нæ бахус дæ былтыл. — Æмæ ма бахус уæд! Бырсæг рамæсты. Уæдæ нырма зæххæй къуыпп нæ дары æмæ фæстæмæ дзуры ай дæр! — Кæдæм цæуæм, уый зоныс? — Зонын æмæ цы. Бырсæг æм йæхи æриста, йæ разы æрлæууыд — йæ уæхскмæ йын бавнала, бауигъа йæ йæ уæхскæй æмæ йæ бон базона. Уæдæ фæстæмæ цæмæн дзуры! Фæлæ цыма къæдзæхы тигъмæ бавнæлдта, уымæй уæлдай нæ базмæ- лыди лæппуйæн йæ уæхск. Уигъын нæ, фæлæ змæлын дæр нæ бакуымдта лæппу. Уæд йæ арц зæххы æрсагъта Бырсæг æмæ йæ астæумæ февнæлдта лæппуйæн — фелваса йæ æмæ йæ иуварс фехса. Иу хæст ыл скодта — нæй, нæ сызмæлыди йæ бынатæй лæппу. Дыккаг хæст ыл скодта — йæ тых-йæ бонæй сриуыгъта. Нæй, нæ фæхицæн и зæххæй лæппу. Æмæ йæ суагъта Бырсæг, стæй фæстæмæ алæууыди ’мæ йын хæцаг фыры цæф фæкодта лæппуйæн йæ риуы гуыдыр сæрæй. Йæ гуыпп фæцыди риуы гуыдырæн. Батырадз сывæллонау ныккæл-кæл кодта — æхсызгон ын уыди, афтæ йæ кæй ныццавта, уый. Уæдмæ сыл бамбырд сты иннæтæ дæр æмæ Батырадзмæ фæйнæрдыгæй хъазæн ныхæстæ райдыдтой æппарын. Æмæ та-иу сæм фездæхти Батырадз дæр. — Уагæры хæргæ цас кæныс? — Цас мæ фæнды уыйас. — Ауадзыс дзы-йы. Уæдæ уыцы уæззау цæмæй ныддæ? — Уæззау хæрдæй нæ кæны лæг. Уæз туджы и æмæ стæджы. — Дæ уæз куыд у, дæ тых дæр афтæ куы уаид, — уыцы ныхас æм Бырсæг йæхæдæг баппæрста. Æмæ та уымæ дæр фездæхти Батырадз: — Тых дæр мæм мæ фаг и, ма тæрс. — Равдис-ма йæ! — уый йæм Бырсæг нал бадзырдта. Иннæтæй йæм чидæр бадзырдта уый.
Нарты Фарпæг 241 — Равдисдзынæн æй, куы хъæуа, уæд. — Ныр уал дзы гыццыл равдис. — Тыхæй гыццыл æвдисæн нæй. Стæй куы рараст сты, уæд сæ фæдыл рацыд. Нæдæр æм арц уыд, нæдæр — циырхъ. — Рацу-ма ардæм, — дзуры Сослан хъæрæй Батырадзмæ. Нырма афтæ хъæрæй нæма сдзрдта. Батырадз фестади, лæппутæй куыд никæй къахыл ныллæууа, афтæ арæхстгай къахдзæфтæгæнгæ бараст и Сосланмæ. Сослан æм комкоммæ каст. Афтæ зынд — нæдæр ыл цин кодта, кæй æрбацæуы, ууыл, нæдæр ын хъыг у. Куы йæм бахæццæ, уæд къулрæбынæй райста йе ’рдын æмæ йæм æй бадардта. — Гъа-ма, æрдынбос æрбаиваз. — Цас æй æрбаивазон? — Цас дын кома, уыйас. — Æмæ куы аскъуыйа? — Куыд аскъуыйдзæн? — Куы йæ ’рбаивазон, уæд аскъуыйдзæн. Сослан цæуылдæр фæгуырысхо, уæддæр загъта: — Æрбаиваз æй! Батырадз хæбæцц æрлæууыд. Йæ иу къухæй æрдыныл ныххæцыд, иннæ къухæй æрбаивæзта æрдынбос. Фыццаг æрдыны къæрцц фæцыди, стæй та — æрдынбосы тъæпп, æмæ сæ Соланмæ бадардта гуыбырæй. Сосла^н сæ уайтагъд нæ райста. Гуыбырæй сæм касти уый дæр. Йе ’рфгуытыл не схæцыд, мидæмæ рухс нæ бауагъта йæ цæстытыл, уæдæ сæ æддæмæ дæр нæ разынд рухсы цъыртт. Фарнæг бадти лыстæныл, комкоммæ касти Сосланмæ æмæ йæ сæры змæлыд иу хъуыды — цыдæр удæгас змæлдæй змæлыд, цыма йæ йæхимæ кæсын кодта, афтæ; асастс Сосланы æрдын. Нарты Сосланы æрдын! Асаста йæ стæры кæстæр, стæры цæуынхъом чи нæма у, афтæмæй фыццаг хатт чи рацыд, уадзгæ дæр кæй нæ кодтой семæ стæры, уыцы лæппу. Раст цыма цæугæ дæр уымæн ракодта, цæмæй æрдын асæтта. Уыцы фыдбы- лызы æрдын — цал фаты дзы атахти æхситгæнгæ?! Цал риуы фæйнæджы батыдтой, цал фарсыл баззадысты сагъдæй! Æмæ ныр асасти — асаста йæ, фыццаг стæры чи рацыд, йæхимæ фат æмæ æрдын кæмæ нæ уыди, уыцы стæрон лæпу. Кæд дзы исты хъуыды и уым? Кæд ууыл дзурæг у — 16 Хуыгаты Ссргсй
242 Хуыгаты Сергей Сослан æмæ йе ’рдынæн сæ дуг фæци. Æндæр дуг æр- цæуы кæмдæр, æрдын кæм нæ хъæудзæн, ахæм дуг. Батырадзмæ бакаст — уартæ лæууы, йæ сæр æруагъта, йæ азым чи бамбары, уый куыд æруадзы йæ сæр, афтæ. Цас фæрахæсс-бахæсс кодта уыцы æрдын йе уæхскыл Сослан! Се знæгтимæ дзы хъазуатæй хæцыди нартæн. Знæгтæ та сын бирæ ис. Хъæбæртæ бирæ сын и знæгтæ! Æвæццæ- гæн уыдонæй фылдæр никæмæн ис сæ алыварс цæрджы- тæй знæгтæ. Æмæ сын цымæ, афтæ бирæ кæй и знæгтæ, уым уыцы æрдын ницы аххосджын уыди, Сосланы æрдын? Нырыонг дæр æрыхъуыста Хæмыцы саудзагъд лæппуйы тыхы кой Фарнæг, фæлæ сæм уый бæрц не ’рдардта йæ хъус ныхæстæм — адæм ныхæстæй фылдæр цы кæнынц! Стæй, тыхджын лæппутæ иу æмæ дыууæ куы нæ рауай- бауай кодта нарты уæзæгыл! Æнæуи йæ тых дæр хъæуы лæджы, тыхы дуг у ’мæ. Фæлæ тыхы дуджы дæр зонд бирæ фылдæр ахады тыхæй. Уымæн æмæ тых алы хатт рæстмæ арæзт нæ вæййы. Уый зонд вæййы рæстмæ арæзт алы хатт. Хæцыди ныр йæ саст æрдыныл Сослан æмæ йæм æн- къардæй каст, стæй дзы йæ цæстытæ нæ систа æрдынæй, афтæмæй бадзырдта Сагахсмæ: — Рагсом раджы, далæ комы дымæджы цы фатхъæд къох ис, уырдæм ныццæут, ай дæр уемæ акæнут æмæ йын йæ аккаг фат æмæ æрдын саразут, — стæй та Батырадзмæ дæр кæсгæ нæ бакодта, афтæмæй бадзырдта. — Цу ’мæ схуысс. Æмæ та фæцæйцыд Батырадз йæ хъавгæ къахдзæфтæй. Æмæ хъуыды кодта Фарнæг: цымæ царды та куыд цæуд- зæни? Цымæ агургæ цыд кæндзæни царды дæр, æви — лæгæрдгæ цыд? Цымæ нæуæг фæндæгтæ агурдзæн æви зæронд фæндæгтыл цæудзæн? Цæрæнбонты хорзæй-æв- зæрæй кæуыл фæцыдысты, уыдоныл? Æнæуи тыхы бон мæнæ-мæнæ бирæ нæу. Бирæйæн зонд хъæуы, бирæ зонд. Æмæ, æвзæр уый у, æмæ тыхы дуджы тых гуыры. Афтæ- мæй зонды дуг кæд æрцæудзæн? Æниу искуы æрцæудзæн? Дзæгъæлтæ кодта йæ хъуыдыты Фарнæг, фæлæ нæ фæллади. Æмæ цымæ цы фарн æрхæсдзæн уæддæр Батырадз нар- тæн? Тыхы лæг уыдзæн уый дæр æви æрмæст тыхы лæгыл
Наргпы Фарнæг 243 нæ баззайдзæн? Тыхы лæгыл куы баззайа, уæд — ницы. Тых æдых у. Адæмы зонд хъæуы, фæлæ йæ се ’нæзон- дæй нæ зонынц; зонд сæ хъæуы, уый. Нæ, сæ ныры цард зондхъуаг у нартæн æмæ кæд сæ сомы цард дæр афтæ уыдзæн, уæд сæм тæхудиагæй ницы и. Æмæ уæд цæуыл сты сæ абоны загъд-замана æмæ дзолгъо-молгъо! Цæй охыл бырсынц мæнæ ныр Адзаты коммæ?! Гъо, байсдзысты сæ чындзаджы æмæ Уæрхтæнæг иунæг нал уыдзæн, йæ роныл та æртæ ’æвзаджы уыдзæни ныр. Æмæ уый цы пайда ’рхæсдзæн нартæн? Цы ахъаз сын фæуыдзæни сæ абонæн, сæ сомæн? * * * Адзаты уæйыджы гæнах уыди рæбынæй, комы хъæлæ- сы. Гæнахы раз — дардыл атагъа. Атагъайы алыварс — бæрзонд быру. Лæнцылæгæтæй йæм бирæ нал уыд, фæлæ фæндаг иууыл — хæрдтæ ’мæ уырдгуытæ, суæнгтæ ахаста лæгæтæй фалæмæ. Æмæ, куыддæр рагсом фатхъæды къохæй сыздæхтысты Сагахситæ, афтæ базмæлыд нарты лæг- рæгъау, цалынмæ бон уæлæмæ цæуы, уæдмæ хъуамæ бахæццæ уыдаиккой рæбинаг суангмæ. Тагъд кодтой, рæвдз ивтой бæхджынты фистæджытæ æмæ ма, хуры арвы астæумæ иу бæндæны бæрц хъуыди, афтæ суадысты фæстаг суангыл. Уым цъыхырыйы багуыбыр сты æмæ къухаууонæй кастысты гæнахмæ. Хуыздæр æй чи уыдта, уыдон дзы иннæтæн цыдæртæ амыдтой, уæддæр се скаст Елтармæ уыди се ’ппæтæн дæр. — Далæ йæ уасæг! Далæ куыд рацу-бацу кæны, далæ! Иуырдæм куыд ацæуы æмæ иннæрдæм куыд фездæхы! — хъæрæй дзырдта Елтар. Батырадз дæр ын йæхи дзæбæх æвзæрста уасæгæн, фæлæ цæуыл лæууыд æмæ цæуыл рацу-бацу кодта, уый нæ уыдта. Æмæ сæ уæд дыууæйæ ракодта рындзмæ Сослан, уырдæм сæм рахастой фат æмæ æрдын дæр, фаты уæлæ фæлын тыхт, йæ ронджы хæрздæф калд. Батырадз æмæ Елтар сæ фæйнæ уæраджы зæхмæ æруагътой, стæй йе ’ннæ уæрагмæ æрбайстой фат æмæ æрдын Батырадз. Уæлæмæ сыл схæцыд, йæ галиу цæст æрцъынд кодта, йæ рахиз цæстæй рухс рагуылф кодта, фат æмæ æрдын хуры рухсæй цы рухс уыдысты, цæсты рухсæй авд ахæмы тынгдæр ныррухс сты.
244 Хуыгаты Сергей Æрбаивæзта æрдынбос Батырадз æмæ йæ бæрзæйы нуæрттæ суæнгтæ абадгысты, йæ цæнггы хæцьæфтæ — хъыбылтæ. Уæд Елтар дæр æрцъынд кодта йæ галиу цæст йæ рахиз цæст исдуг базмæлыд, стæй æрсабыр æмæ йæ афтæ сабырæй ныххаста фаты ныхъхъавæнмæ. Æмæ æдзæм-æндзыгæй баззадысты. Батырадзы хъамбул цæнгтæ. Стæй йæ былтæ базмæлыдысты Елтарæн. — Æрдыныл гыццыл уæлдæр фæхæц. Æмæ фæхæцыд æрдыныл гыццыл уæлдæр Батырадз. — Фаты фындзыл зына-нæзына рахизæрдæм бахæц. Æмæ та фаты фындзыл зына-нæзына рахизырдæм ба- хæцыд Батырадз. — Æгъгъæд! Æмæ та федзæм сты æрдын æмæ фат. Елтар ма иухатт ныккасти фаты ныхъхъавæнмæ æмæ къухæй ацамыдта: — Фехс! Атахт фат, æмæ æрдынбосы дыз-дызæй сæ хъустæ ах- гæдтой нартæн. Æмæ нæма æрсабыр и æрдынбосы дыз- дыз, афтæ фæцыди фаты гуыпп, æмæ Елтар хæрдмæ фæ- хауди. — Нæннæ, мæ хур! Йæ тæккæ къæхты бын ныссагьди фат æви нæ! Гъæй, бындары Сагахс фæуай, кæд æй куыд æрхъуыды кодтай! Уартæ йæхи ныццавта фæлыныл æмæ йæ къæфы! Нартыл хæрхæцъа бафтыд — кæрæдзийы фарстой, кæрæдзийæн цыдæртæ дзырдтой. Сослан кæсгæ уырдæм кодта, гæнахмæ, афтæмæй ба- фарста Елтары: — Хæры? — Хæры, уæдæ нæ хæры! — Уæд ын æнæ æрфынæй нæй æмæ-иу мæм дзур. Елтары цæстытæй цин абузта æмæ йæ сырх уадултыл лæсæнтæ кодта. Хуры тымбыл цалх арвы астæумæ стылди, уым æрлæу- уыд æмæ йæ мидбынаты сзылди, цыма кæдæм цæуинаг уыд, уырдæм схæццæ, цымæ йæ дарддæр никуыдæмуал хъуыди цæуын. — Нал хæры! — бадзырдта Сосланмæ Елтар. — Кæс, кæс! — Елтармæ æввахсдæр балæууыд Сослан. — Уæдæ цы ми кæны?
Иарты Фарпæг 245 — Ницы. Ацырдæм кæсы. — Ма нæ фена! — Афтæмæй куы ныууаса — уыцы ронг æмæ фыдызгъæл æфсæстæй! — Кæс, кæс! — Кæсын. — Кæсы ма ацырдæм? — Нал кæсы. Æрбадти. Къуырттон карчы бадт æркодта. Нал змæлы. — Уæдæ цæугæ! — уарийы уаст æмæ цæргæсы ахст ныккодта Сослан æмæ сæхи аппæрстой суанджы сæрæй æр- хырдæм, чи — бæхыл, чи фистæгæй. Цъыхыры рындз афтидæй аззад, æрмæст ма дзы Батырадз фат куы фехста, афтæ йæ уæрагыл лæууыд. Стæй сыстад, йæ бæрзæй аныхта æмæ, гыццыл стырты фæдыл куыд фæцæйцæуа, афтæ араст и сæ фæдыл. Фæндагыл-иу дур кæм ауыдта, уым-иу æй систа æмæ-иу æй нарты сæрты дард кæдæмдæр ныддыв- выт кодта. Афтæ, æнæуи. Быруйы раз сæ тымбылæй бай- йæфта. Иу-цалдæрæй сæ æрцытæ къулæй тæрвазы ’хсæн батъыстой æмæ сыл ахæц-ахæц кодтой. Чидæртæ та са^ кæрæдзийы уæхсчытыл слæууыдысты æмæ быруйы сæрмæ æвнæлдтой, фæлæ йæм не ’ххæстысты. Сослан бырумæ йæ сынæг сарæзта, афтæмæй йæ арцы ’нцой лæууыди. Батырадз сæм куы бахæццæ, уæд загьта Сослан: — Хæрдмæппарæн куы нæ уа, уæд афтæмæй — ницы. Ацы бæрзонд къул саразæг хæрæджы сæр хæргæ фæцæуæд! Батырадз донбылмæ ныууад, иу стыр дæргъæццон дур дзы сдавта æмæ йæ къулмæ ’ввахс æрæппæрста. Уæдмæ лæппутæй чидæртæ хъæд æрбадавтой кæцæйдæр, дурыл æй авæрдтой æмæ дзы хъеллаугæнæны хуызæн рауад. Стæй аздæхти Сосланмæ Батырадз. — Мæн баппарут мидæмæ. Æмæ йæм дзуры уым Сагахс Батырадзмæ: — Дæу мах нæ баппардзыстæм, фæлæ ды мах баппар. Мæнæ мæн æмæ Бырсæджы. — Стæй хъæдæн йе ’ддаг кæроныл, зæххыл ын цы кæрон æнцад, ууыл слæууыдыс- ты Бырсæгимæ. Сæ иугай къухты — æрцытæ, се ’ннæ къухтæ кæрæдзийы уæхсчытыл æртыхтой. Уæд уыцы æмырæй сгæпп кодта хъæдæн йæ хъил кæронмæ Батырадз. Хъæдæн йæ кæрон зæххыл сæмбæлд, йæ фаллаг кæрон цæхгæр
246 Хуыгаты Сергей фæхъил æмæ дыууæ лæппуйы уыцы бæрзонд сисы сæрты куыд фæцæйтахтысты, уымæ кæсгæйæ баззадысты нартæ. Хорæхæрзæ кæрчыты алыварс зылди, йæ гъала йæ къу- хы, афтæмæй æмæ ауыдта — быруйы сæрты кæрæдзийы уæхсчытыл хæцгæ æрбатæхы дыууæ гæрзифтонг лæджы. Æрбатæхынц, æрбатæхынц. Йæ цæсты кæронæй уыны, лæгтæ куыд æрхаудысты, уый, фæлæ кæсгæ быруйы сæр- мæ кодта — нал дзы æрбатæхы уыцы дзæбæх гæрзифтонг лæгтæй? Куы ма дзы æрбацæйтæхид, уый йæ фæндыди. Фæлæ быруйы сæрты лæг тæхæг нал уыд. Стæй ауыдта: уыцы дыууæ лæджы далæ дуарæн йæ ричъитæ æрзылдтой æмæ йыл ахæц-ахæц кæнынц дуарыл. Æмæ йæхи аппæрста уыцы дыууæ лæгмæ — йæ кæрчытæ ныппырх уыдзысты æмæ ма сæ куыд æрæмбырд кæндзæн?! Лæгтæм нæма ныххæццæ, афтæ дуар айгом æмæ мидæмæ æрбагуыф кодта æнæхъæн лæг-рæгьау. Кæрчытæ кæрæдзийы сæрты схъиуд- той, сæ базырты тъæпп-тъæпп æмæ сæ хъуыдаттæй бæстæ сæ сæрыл систой. Æмæ уыцы рæстæджы Хорæхæрзæйы сæры смидæг — уасæг! Куыд нæ ныууасы, куыд нæ райхъал кæны йæ хицауы, æнæ хицауæй дзы баззайа! Фæкаст дуары сæрмæ — дуары сæрмæ йæ кой дæр нал и уасæгæн. Æмæ йæ гъала йæ къухæй æрхауд, стæйæ йæ къухтæ йæ дзык- куты атъыста — цы фæци уасæг?! Æмæ уæд ацахстой йæ цæстытæ Хорæхæрзæйæн: иу мæстыгæр цыргъдзаст лæг балæгæрста гæнахы дуармæ. Уым къæхтыбынæй систа уасæджы, къæсæры дурмæ йын йæ къубал æркъуырдта цирхъæй æмæ йæ цурчы хуызæн цыргъ дæндæгтæ фер- тывтой йæ рихиты бынæй. — Гъеныр-иу ныууас! Æмæ дуне ныззылди Хорхæрзæйыл — мæнæ нæртон диссæгтæ! Нæртон бæстæй-иу æрыхъуысти ахæм диссæгтæ. Раджы, цалынмæ ацы æхгæд гæнахмæ не ’рбахауди, уæдмæ. Ныр лæугæйæ баззад, æмæ дуне йæ алыварс зылди æмæ йæм уыцы зилгæ дунейæ хъуыстысты, йæ уд-иу йæ хъуырац- цагмæ куы схæццæ, уæд-иу йæхицæн кæй дзырдта, уыцы ныхæстæ: «Уæ нæртон бæстæ, куыд дардæй дæм дзыназын, афтæмæй дæм куыд хæстæг уыдтæн! Мæ цин дæм мæ бы- лалгъыл куы фæцæйхастон, уæд мыл дæхи цæмæн атигъ кодтай?! Уæ нæртон Уæрхтæнæг, хохæн ракæлынæй куы тарстæн, дæуæн фæцудынæй куы нæ тарстæн, уæд цы
Нарты Фарнæг 247 фæдæ?! Кæд дæ уд дæ мидæг ис, уæд мæм дæхи куыд никуы равдыстай ацал-ауал азы! Гъа, мæн ферох кæн, фæлæ дæ роны æвзаг тд куыд нæ агурыс, иннæ дыууæ æвзаджы астæу афтидæй куы баззади йæ бынат. Гъæ, кæд ды удыгас нал дæ æмæ дын кæмдæр æцæгæлон сыджыт хæры дæ хъамбул стджытæ, уæд мæ уыцы æнамондæй цы Хуыцау сфæлдыста, уымæн мæ тæригъæд баззайа! Æмæ ма уæд æз куыд хурмæ цæуын, куыд нæ бахус вæййын азайы сыфау æмæ мæ дымгæ дæ ингæнмæ куыд нæ фæхæссы!" — уым ныдздзой-дзой кодта æмæ, куыд нæ фæцуда, афтæ æрми- фицаугæйæ цæуæгау бацыд гом дуары тæрвазмæ æмæ йыл йæхи бауагъта. Æмæ уыцы уысм ауыдта — дуарæн йе ’ннæ тæрвазы æнцой та лæууыди иу æнæзонгæ лæг. Хорæхæр- зæ йæм кæсгæйæ баззад, уымæн æмæ-иу æм æнæзонгæ лæг куы зæронд лæг фæзынд, куы — лæппу-лæг. Æмæ та-иу йæ цæстыты уæлтъыфæлттæ тыбар-тыбурæн бахъуыдыс- ты. Лæг лæууыд æмæ мидæмæ, рæбынмæ, цыдæр ракæно- ны кастæй касти. Æмæ-иу бадис кодта Хорæхæрзæ — кæ- дæм кæса уыцы кастæй?! Цæмæ дзы кæсы! Стæй йæм иу кастæн зæронд цæмæн зыны, иннæ кастæн — лæппу?! Иуафон йæ кæрцыл ахæцыди лæг. Йæ тымбыл къух йæ синысæр æрсадзæгау кодта, мидæмæ уыцы кастæй касти, афтæмæй, æмæ ауыдта Хорæхæрзæ — уæртæ лæгæн йæ ронæй цы æвзæгтæ æрывæзти йæ синмæ, уыдон кæд сты æрмæст дыууæ — астæуккагæн йæ бынат у афтид. Æмæ та йыл ныззылди дуне Хорхæрзæйыл^æмæ ницуал дæр уынгæ фæкодта, ницуал дæр — хъусгæ. Йæхи куы æрæмбæрста, уæд ын йæ иу цонгыл æрдæбоны æнæзонгæ лæг хæцыди, йе ’ннæ цонгыл та — уæйыджы уасæджы къубал цирхъæй къæсæры дурмæ чи æркъуырдта, уыцы мæстыгæр лæг. Сæ алыварс лæууыди бирæ цирхъджын æмæ арцджын лæппутæ ’мæ лæгтæ. Хорæхæрзæ иу каст фæкодта æмæ фæстæмæ æрцъынд сты йæ цæстытæ. Стæй базмæлыдысты йæ былтæ: — Фыны дæн æви асæджы? — Фыны нæ дæ, нæ, бецау, асæджы дæ, — йæ цонгыл ын йæхимæ æнгомдæр æрбахæцыд Уæрхтæнæг. Æмæ та базмæлыдысты сæ уайсадгæ змæлдæй Хорæ- хæрзæйы былтæ. — Чи стут?
248 Хуыгаты Сергей — Нæртон адæм стæм, — дзуры хъæрæй Сослан. — Дæ агурæг æрцыдыстæм. Æмæ йæ цæстытæй ракасти уæд Хорæхæрзæ — сæ фæлгæтты дзаг аисты йæ цæстытæ, афтæмæй касти нæртон адæммæ. Æрæджиау аздæхт Уæрхтæнæгмæ. — Уый ды дæ? Мæ цæстытæ мæ нæ сайынц? — Нæ дæ сайынц, нæ, бецау, дæ цæстытæ — æз дæн. — Цæмæн мæм æрæгмæ цыдтæ афтæ? — Æгæр дæм тагъд кодтон æмæ дæм уымæн афтæ æр- цыдтæн æрæгмæ. Æмæ йæ тары нарæг нывналæнмæ нывнæлдта уæд Хо- рæхæрзæ æмæ дзы хæлыны тыхтæй систа роны ’взаг, йæ хæлын айхæлдта æвзагæн, стæй бавнæлдта æмæ йæ дыууæ æвзаджы астæу авæрдта æмæ сфидыдтой æртæ æвзаджы фæрсæй-фæрстæм. Уæрхтæнæг йæ къух æрæвæрдта Хорæ- хæрзæйы къухыл, кæддæр ын йе ’фцæгыл йæхи къухтæй нывæфтыд цамта куы ’рцауыгъта Хорæхæрзæ, уæд ын куыд æрæвæрдта йæ къух йæ къухыл, афтæ æмæ йæ хурхы уадындз- тæ анæрстысты Уæрхтæнæгæн, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм сыхъуысти ахъаззаг æмæ йæ сæрыл схæцыыди бæрзонд. — Уо, абоны бардуаг! Табу дын кæндзынæн, цалынмæ мæ уд мæ мидæг тæпп-тæпп кæна, уæдмæ. Мæ хурыскастыл ахуыссыд мæ хур æмæ мыл ныр мæ хурныгуылды скаст фæстæмæ мæнæ. — Уым Хорæхæрзæмæ азылдта йе ’ргом. — Æз æмæ ды цы судзгæ фыдтæ бавзæрстам, уыдон або- ны цинæн йæ рыджы дæр нæ зынынц. Уыцы фыдбонтыл атутæ кæн, дæ фыны дæр сæ куыд никуыуал фенай, афтæ. Уæддæр бынтон æнамонд нæ фестæм — мæ уд снывонд кæндзынæн Хуыцауæн. Хорæхæрзæ фефсæрмы, йæ сæрбæттæн айхæлдта ’мæ йын йæ къабазæй æрбамбæрзта йæ цæсгом. Раст уæд фæцыд Сосланы ахст: — Нæ фæндаджы кой бакæнæм! — Æз уый нæ зæгъын! — загъта хъæрæй Уæрхтæнæг дæр. Æмæ уæд йæ цæсгом нæма райгом кодта, афтæмæй загьта Хорæхæрзæ: — Цалынмæ нæма райхъал и уыцы удхор, уæдмæ кæд аирвæзиккам ацы сæфты комæй. Æмæ та ссыд Сосланы хъæр нæуæгæй:
Нарты Фарнæг 249 — Дæлæмæ ком-ком ацæуæм. Еугуыппыртылæгæтмæ рухсæй ныййирвæзиккам кæд. Æмæ йæ худыл схæцыди гыццыл, афтæмæй бакуывта Уæрхтæнæг: — Фæндагсар Уастырджи, æнæмаст фæндæгтыл нæ бафтау! Стæй базмæлыдысты. Разæй Уæрхтæнæг æмæ Хорæ- хæрзæ бæхтыл, сæ хæд фæстæ — Сослан, уый дæр бæ- хыл, Сослан дæр. Стæй — иннæтæ, чи — фистæг, чи — бæхыл. Адаргь сты Адзаты комы дæлæмæ. Иууыл хъæл- дзæг нæ уыдысты — æгæр æнцон рауад сæ балц — уый сын сæ зæрдæтæм цыдæр мигъаууон дардта. Комы дымæг- мæ ма сæ иу дзæвгар хъуыди, афтæ сæ сæрты цыдæр хъæр атахти — арвы нæрдау нæргæ ацыди дæлæмæ комы. Нар- тæ дзыхълæуд фæкодтой — бамбæрстой йæ расуры сæ уæйыг. Стæй йæ ауыдтой — æрлидзы уалæ лæплæпгæн- гæ, йæ цæнгтæ æддиæутты зилы, ронбæгъд æмæ гомсæр, стæй йæм хæцæнгарзæй дæр — ницы, æрмæст, йæ къух куыд зилы, афтæ дзы фертгивы къухæй фæтæнком кард, цыбыр. Цыдæр æндзыг æрæнцад Нартыл. Лæугæйæ баззадысты. Æмæ сæм фехъуысти Хорæхæрзæйы кæуынхъæлæс уæд: — Гъæ, саубон мæ куыд баййæфта — цæгъддзæни уæ! Цæйнæ фæлтау уæ искæмæй туджы æртах æрхауа мæ сæ- рыл, фæлтау ныронг цы хъизæмайраг уыд мæ сæр, афтæ хъизæмайраг уæд нырæй фæстæмæ дæр, — æмæ йæ бæхæй рахызти. Фæлæ æргæпп кодта йæ бæхæй уæд Сослан дæр. Æмæ æрæхгæдта Хорæхæрзæйы фæндаг. Æмæ та фæцыди уæйыгæн йæ хъæр: — Гъæ, куыдз-нартæ, фæлæуут-ма дзы афтæ, æз уын Адзаты гæнахмæ куыд бырсын хъæуы, уый бацамонон! Æмæ уæд фелвæста йæ кард Сослан йæ кæрддзæмæй, æрвон дурæй цы кард рацæгъдын кодта, уый — хуры тын- тæм акалдта цæхæртæ кард, æмæ йæм дзуры уæйыгмæ Сослан: — Куыдз дæр дæхæдæг дæ æмæ — хæрæг дæр. Æнæр- дызтæй цы гал базæронд вæййы, уый богъ-богъ цы кæ- ныс?! — Стæй фæзылд фæстæмæ. — Æз æй цæвдзынæн разæй, сымах та йæ чъылдымдзæф кæнут уе ’рцытæй. Æмæ фæпырх сты фæйнæрдæм нартæ.
250 Хуыгаты Сергей Батырадз кæм лæууыд, уым лæугæйæ баззад. Æмæ къул- бæрзæйæ бадзырдта Сосланмæ: — Мæнмæ-ма радт дæ кард, æмæ æз æрлæууон йæ разы кардимæ дæ бæсты. Æмæ бадзырдта Батырадзмæ Сослан: — Хæмыцы фырт, мæ кард нырма уæззау уыдзæн дæ цонгæн, кæд цыфæнды хъаруджын дæ, уæддæр! — Куы нæ мæм радтай, куы, дæ кард, уæд афтид армæй æрлæудзынæн йæ разы. Æмæ фæфæсмон кæндзынæ уый фæстæ. Æмæ йæм уæд фæдзагъул кодта йæ цæстытæ Сослан. — Иуварс алæуу! Ма мæ джиздар, ма кæн! — Æз дæр нæртон лæппу дæн, мæ ныхас дæр ныхас у. Иуварс алæууон, уый нæ бауыдзæн мæ бон. Æри мæм кард! Æмæ бамбæрста Сослан — йæ фæнд чи аива, ахæм лæппуйыл нæ бамбæлд æмæ йæм баппæрста уæлæты кард æмæ ахъæр кодта йæ фæдыл кардæн: — Хæц ыл уæдæ! Цыма арв фертгывта æмæ арвæрттывд уыди, уыйау хуры фæстаг тынтæм фæцæйтахти цæхæртæкалгæ кард æмæ йын тæхгæ-тæхын Батырадз рацахста йæ фистон. Ныр лæууыдысты ныхæй-ныхмæ дыууæйæ. Сæ иу — уæйыг, гуыбынджын æмæ бæрзæйджын, йæ иунæг цæст туджы зылд æгасæй: йæ къахт цæстæн йæ фиутæ рабы- рыдысты æмæ сæ цьæй лæдæрсти русыл. Зæрдæ дзы мæгуыр кодта. Йæ къухы уыд йæ фыййауы кард, йæ фистон ын æлхъывта йæ армы æмæ-иу ын йæ хистæр æнгуылдз æрба- уагъта йæ комыл, æвæццæгæн, куыд цыргъ уыд, уый-иу асгæрста æмæ Батырадзмæ касти комкоммæ. Батырадз — саудзагъд æмæ къуыпных, уый карæн мила лæппу куыд фæлæууы, афтæ лæууыд. — Гыццыл хæбæцц, гыццыл гуыбыр, йæ къухы кард, Сосланы кард, — стыр — æмæ йын йæ фындз æруагъта зæхмæ кардæн. Уæд уæйыг йæ уæнгтæ аивæзта ’мæ йæ цæнгтæ хъилæй аззадысты. Йæ къухтæй иу афтид, иннæйы йæ фæтæнком цыбыр кард. Йæ къуырма æрттывдæй æрттывта. Афтæ аззадысты йæ цæнгтæ хæрдмæ хъилæй гыццыл, стæй сæ æрæппæрста йе стыр фæрстыл æмæ йæхимидæг гуыбыр кæнын ма байдайа, ма! Дзæбæх куы багуыбыр, уæд гуыбыр-гуыбыр бараст и Батырадзмæ — йе стыр къæхтæ дыууæ тъæпæн къуыдырау
Нарты Фарнæг 251 йæ фæдыл ласта. Уæртæ æрбацæуы мæлæт, комкоммæ æрбацæуы се стæры кæстæрмæ — уыцы тас ын йæ улæфæнтæ ацахста Фарнæгæн. Ныдздзынæзта, ныббогъ кодта Фарнæг, йæ арц ныц- цавта зæххы æмæ хъилæй аззад арц, йæ цирхъ дæр фел- вæста ’мæ йæ æрсагъта зæххы уый дæр æмæ афтидармæй Батырадзы раз балæууыд. Йæ цæст æм базылдта Фарнæг- мæ Адзаты уæйыг æмæ, йæ карды фистон куыд хъыс-хъыс кодта йæ армы, уый йæм байхъуыстис дзæбæх Фарнæгмæ. Æмæ йæм дзуры уæйыгмæ Фарнæг: — Цы азымджын фестæм дæ разы, уо Адзаты уæйыг?! Цæмæн нæ расырдтай фæсте? Нæ куырдуаты бадæг чындзы нын ахастай тыхæй, æмæ йæ ацал-ауал азы хъизæмарæй марыс. Ды дæ нæ разы азымджын, кæд ма дæм адæмы хъæр хъуысы, уæд. Сылгоймаджы зæрдæйæн нæй басæт- тæн, дæ дыууæ къухы дæр кæрдтæ куы уа, уæддæр. Ныр ныццæвын мондагæй хъыс-хъыс кæны дæ карды сау фис- тон дæ армы, хъуамæ та ныккалай туг, афтæмæй дæ тæр- хæгæн нæма ссыди йæ туджы тæф нырма, æмæ йыл фыдфынты хай кæныс æрвылæхсæв æмæ æрвылбон. Кард цард скъуынынæн нæ рауагьта Хуыцау. Кард лæдзæгаразæн дзаума у æрмæст, цæмæй лæдзæджы сæр кæй бахъæуы, уыдон аразой лæдзджытæ ’мæ се ’нцæйтгы кæрæдзимæ цæуой сæ цинтæ дзурынмæ æмæ сæ хъæстытæ кæнынмæ. Уæдæ Хуыцаумæ скæс, уо Адзаты уæйыг, цалынмæ дæ кард исай рæхойынмæ, уæдмæ, æмæ дын Хуыцау амондзæн йæхæдæг. Уæйыг æрсабыр, дзуццæджы æрбадти, йæ кард æруагъта зæхмæ. Йæ тъæпæн æрмттæ бафæлдæхта йæ цæсгомыл, æмæ йæ сым-сым цыд. Æрæджиау йæ къухтæ ’рхаудысты йæ цæсгомæй, æмæ бадзырдта Батырадзмæ: — Æмæ дын уый кæй кард у, лæппу? Дæхи кард нæу — зыны йыл. Æмæ йæм дзуры уæйыгмæ Батырадз: — Дурæйгуырд Сосланы кард у уый, æрвон дурæй кæй рацæгъдын кодта, уыцы кард. — Уæдæ уый диссаджы кард куы у. Хæстæгдæр ма мæм рацу æмæ мæ дзы цæв! — Куыд дæ дзы цæвон! Афтæ цæвæн нæй. — Уæдæ куыд? — Схæцæм æмæ дæ дзы цæвдзынæн.
252 Хуыгаты Сергей Уæйыг та йе ’рмттæ бафæлдæхта йæ цæсгомыл фæстæ- мæ æмæ та райхъуысти йæ сым-сым. Уæдмæ нартæ иу-цалдæрæй сæхи байстой уæйыджы чъылдыммæ, сæ æрцытæ ныхъхъил кодтой, афтæмæй æн- хъæлмæ кастысты, кæд сын ацамондзæни Сослан — цæ- вут! Фæлæ уæйыг æнæ змæлгæйæ бадт. Æмæ дисы бацы- дысты нартæ — цы бадт ыл бафтыд. Æви ардæм бадынмæ æрцыди! Æмæ йæм уæд Батырадз дзуры уæйыгмæ: — Кæд дæ хуыссæг ахсы, Адзаты уæйыг, уæд афынæй кæн. Фынæйæ дæ нæ ныццæвдзынæн, ма тæрс. Уæддæр та нæй, нæ базмæлыди уæйыг. Фæстæмæ ракаст йе ’мбæлттæм Батырадз — цы ми кæна, цы ми гæнгæ йын у? Æмæ йын уырдæм амоны Сослан: дыууæ къухæй хæц кардыл æмæ йын дзы афтæмæй йæ бæрзæй цæв, сурæй куыд атæха йæ бæрзæй. Батырадз йæ сæр батылдта — нæ, афтæ цæвæн нæй. Æмæ фæфæнд кодта Сослан — йæхæдæг райса кард æмæ йæ дзы нырриуыгъа йæхæдæг. Фæсте та йыл иннæтæ ралæууой сæ æрцытæй. Уыййеддæмæ ай цы лæуд у! Раст уыцы уысм фелвæста йæ фæтæнком цыбыр кард Адзаты уæйыг, фестади мæ хъæрахстгæнгæ цæхгæр ныз- зылди, цæст нæ хæцыди, куыд зылди ууыл, йæ хъæрæй та къуырма баци æгас Адзаты ком. Фæлæ бирæ нæ фæзылди ’мæ йæ хъæр дæр бирæ нæ ахаста — уайтагъд йæ тъæпп фæцыди зæххыл. Нартæ исдуг фæуыргъуыйау сты, уый фæстæ бакалдысты уæйыгыл æмæ федтой: кардæн ма йæ сау фистон зынди æддæмæ, иннæ ’гасæй афардæг йæ риуы. Туг бырста æддæмæ риуæй æмæ зæххыл леуахитæ кодта, йæ разæй зæхх цы тæнæг миты цъарæй уыд æмбæрзт, уый тайгæ цыд. Æмæ дис бафтыд нартыл — цы фыдбылыз ыл сæмбæлд, æви йæм а Фарнæджы ныхас бахъарыди кæд? Æмæ ма, чи зоны, лæгмæ бахъара ныхас, фæлæ уæйыгмæ цирхъы цæф куы нæ хъары, уæд æм ныхас куыд бахъардзæн?! Лæууыдысты æмæ фæйнæрдæм сæ сæртæ ’нкъуыстой. — Ныккуыдз и, — загъта уæд хъæрæй Сослан æмæ йæ сæрыл схæцыди. — Цæуæм, нæ фæндаг даргъ у. Æмæ йæм бадзырдта уæйыджы сæрты Фарнæг Сосланмæ: — Сымах цæут, хистæртæ. Мах æй йæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæнæм.
Нарты Фарнæг 253 Сослан æм йæ цæстытæ æрбазылдта Фарнæгмæ æмæ йæм иу-цасдæр æнæ дзургæ фæкаст, уый фæстæ йæм бы- лысчъилæй бадзырдта: — Уæ бар — уæхи. — Стæй аздæхти Уæрхтæнæг æмæ Хорæхæрзæмæ. — сбадут, гьа, уæ бæхтыл æмæ мах цæуæм. Уыдон дæр нæ æййафдзысты. * * * Æртыккаг бон куы баизæр, чындзæхсæвы змæлд куы ныссабыр, хионæй-хæстæгæй алчи йæ фæрныг хæдзармæ куы фæцыд, уæд Хорæхæрзæ дон схъарм кодта, нагъы арынджы йæ ауагъта æмæ дзы Уæрхтæнæджы хорз цы- надта. Уый фæстæ йын сыгъдæг хуыссæнтæй уат бакодта æмæ йæ схуыссын кодта. Стæй йæхи дæр цынадта æмæ харæ хисæрфæнтæй йæхи фæсæрфта, бирæ, цалынмæ йæ цæнгтæ ’мæ йæ дæллагхъуыртæ урс дзæнхъа тæмæнтæ акалтой, уæдмæ. Уæд бацыд æмæ Уæрхтæнæджы фарсмæ алæсти уаты. Йæ урс цæнгтæ æртыхта Уæрхтæнæджы æфцæгыл, æмæ йæм дзуры мынæг хъæлæсæй: — Хъусхос ма хæцы? Уæрхтæнæгæн йæ уæнгтыл æхсызгон ризæг бахæцыд, афтæмæй дзуры мынæг хъæлæсæй уый дæр: — Нæ зонын, нæ! — Уæдæ схæцдзæн, æнæ схæцгæ йын нæй, фæлæ æхс- гæ кæн. — Худинаг нæ уыдзæн, мах карæнæй ма — æхсгæ!.. — Худинаджы кой ма кæн. Не ’нæ бонæй нæ баззадыс- тæм нырмæ чызгæй æмæ лæппуйæ. Хуыцауы цæст нын нæ бауарзта, цæмæй Сæуæхсиды рухсмæ бауат кæнæм иумæ, фæлæ ницы кæны — зæрæхсиды рухсмæ дæр æвзæр ^нæ рауайдзæн нæ уат. Æз дын лæппу ныййардзынæн æмæ йыл ном сæвæрдзыстæм лæппуйыл Сыбæлц. — Мах ма дзы цы ’рæййафдзыстæм, — арф ныуулæ- фыд Уæрхтæнæг. — Уайтагъд алæг уыдзæн, ма кæн. Æвæрд хъусхосæй цы лæппу райгуыра, уый бон уыдисны рæздзæн, æхсæв — уылынг. Стæй æвæд æвзæр у. Æмæ ныссабыр Борæты зæронд хæдзар. Æрмæст ма рæбинаг къуымы рагон уырындыхъ сынтæг йæхи
254 Хуыгаты Сергей мидæг змæлыди, иу хъинц кодта иннæ хъинцы фæстæ, цыма ацы æхсæвмæ цал азы æнхъæлмæ касти, уыдоны нымадта. 17 Уырызмæг лæууыд, лæгтырдыгæй, къулы бæрæгастæу цы цыппæрдигъон фæрссаг уыд, уый раз æмæ йæ сæр даста. Сатана та, устытырдыгæй цы ныллæг тæрхæг уыд, ууыл сæрак райтыгъта, дыууæ месы йыл æрæвæрдта сæракыл æмæ йыл сæ рабар-бабар кодта. Иуафон аздæхт Уырыз- мæгмæ. — Дæ зæронд местыл дын сæ скæрдин, æмæ дын уæгъд куы уой. — Æмæ мын уыдон куы нæ уыдысты уæгъд, уæд мын адон цæмæн уыдзысты уæгъд? — Уыдон дын куы хуыдтон, уæд ма дæ зæнгтæ дзаг уыдысты, сæ нуæрттæ ма дын над уыдысты уæд. — Æмæ мын ныр цы кодтой сæ нуæрттæ? — йæ дасын фæуагьта Уырызмæг æмæ сæрдасæн хъилæй аззади йæ сæрмæ. — Ныр дын над нал сты. Æрлæмæгъ дын сты ныр. — Куыд мын æрлæмæгъ сты? — Куыд вæййы, афтæ. Стæй канд дæ зæнгты нуæрттæ не ’рлæмæгъ сты, — Сатанайæн йæ хинæйдзаг мидбыл- худт йæ былты кæрон амбæхст. Уырызмæг ауыдта уыцы мидбылхудт, йæ уæнгтæ базмæлыдысты æмæ йæ сæрда- сæн æруагъта — афтæмæй йæ бон у æмæ йæхи алыг кæна. Уæддæр Сатана ма бафиппайа, сæрдасæн цæмæн æруагъта, уый — æмæ дауын байдыдта сæрдасæн. Даудта сæрдасæн æмæ та-иу къонайы сæрты бакасти йæ цæсты зулæй. Сатана дзуццæджы бадт тæрхæджы раз, афтæмæй ар- хайдта — куы-иу месты абарста сæракыл, куы-иу сæ иуварс авæрдта æмæ-иу барæн гæрз иуырдæм айтынг кодта сæра- чы уæлæ, иннæрдæм-иу æй айтынг кодта. Даудта Уырызмæг сæрдасæн æмæ та-иу йæ цæсты тигъ ахаста сылгоймаджы уæнгтыл. Иу рæстæджы, цыма зæр- ватыкк уыди æмæ пæррæст фæкодта, уыйау рæуæг феста- ди Сатана, йæ барæн гæрз йæ дыууæ къухы тынгæй æрба- давта, афтæмæй æрбауади Уырызмæгмæ. Йæ разы фæ- дзуццæг кодта æмæ йын йæ бацæвиттыл æрбатыхта гæрз,
Наргпы Фарнсег 255 абарста зæнг, стæй фестади, хъандзал куыд феуæгъд уа, уый хуызæн æмæ æргомæй бахудти Уырызмæгмæ йæ кæ- лæнгæнæн худтæй. — Хъазгæ дæ кодтон — нæма дын æрлæмæгь сты ныр- ма дæ нуæрттæ. Уыцы ныхæстæм Уырызмæгæн йæ ахуыр æхсызгон хъыдзы ацыди йæ уæнттыл кæрæй-кæронмæ. Йæ сæр даста, уый дæр дзы айрох. — Нырма дын сæ тæккæ надыл сты дæ нуæрттæ, — гæрз йæ рахиз къухы аззади Сатанайæн, галиу къухæй даст сæры фахсмæ сæвнæлдта, йæ армытъæпæн æрæнцад сæры даст фахсыл. — Хорз дасыс, фæлæ сындæг. Афонмæ дæ- уæй æндæр... — Йæ цæстытæ фæтынг сты, æмæ сæ уды- хос хъарм рухс рауылæн кодта Уырызмæджы цæсгоммæ. Уырызмæг барызти уыцы хъарм рухсæй. йæ цæстытæ æр- цъынд сты, уæддæр бафарста: — Цы — мæнæй æндæр афонмæ? — Фæуыдаид йæ сæр даст. — Æмæ куы фæуыдаид йæ сæр даст, уæд цы? — Даст сæрмæ фарн кæсы, — æмæ та æрдæбоны хи- нæйдзаг мидбылхудт амбæхсти былты кæрæтты. Æмæ нал бафæрæзта уыцы мидбылхудтæн Уырызмæг. Йæ сæрдасæн йæ къухæй ахауд зæхмæ. Сатанайы фелвæста йæ цæнгтыл æмæ араст, уартæ хæдзары къуымы, уырын- дыхъ сынтæг кæм æвæрд уыди, уырдæм. Сатана йын йæ даргъ урс цонг йе ’фцæгыл æртыхта, цыма хауынæй тарст, афтæ. Æмæ йæ туг агуылф кодта Уырызмæгæн йæ дадзинты, айдзаг сты дадзинтæ тугæй, æмæ тых сæххæтт систа туг дадзинты. Уырызмæг цыди, Сатана хуыссæгау кодта йæ фидар цæнгтыл æмæ, йæ туг куыд дзæхст кодта, уый йæм дзæбæх хъуыст.^ Сатана дæр йæ æнæрхъæц ризæгæй ризын бай- дыдта. Йæ цæсгом аздæхта сынтæгмæ — уæртæ и, къуымы лæууы фыдæлты зæронд уырындыхъ сынтæг. Мæнæ, мæнæ фæхæццæ йæм кæнынц æмæ йæ хъуырæгънæджытæ ’фтауынмæ фæци Сатана, æмæ йæ цин йæ хъуыры бадын байдыдта, раст уæд æрбайхъуысти æдде: — Ам стут, хæдзаронтæ? Уырызмæг ныззылди хъæрмæ, йæ цæстытæ цæхæры кæфойтæ фестадысты, афтæмæй фæцарæзта йæ цæсгом
256 Хуыгаты Сергей Сатанамæ. Сатана фетынг и, кард йæ кæрддзæмæй куыд фелвæса, афтæ фелвæсти Уырызмæджы хъæбысæй. Йæ къаба адзæбæхтæ кодта æмæ атындзыдта дуармæ. Уырызмæг уæззау улæфгæ баздæхти, йæ сæр кæм даста, уырдæм, сæрдасæн зæххæй систа ’мæ йæ йæ сæрмæ схаста. — Фарн — ам! — къæсæрæй æрбахызти Фарнæг æмæ æрлæууыд. — Фæрнæйдзаг уай, нæ лæппу! — баузæлыди Фарнæ- гыл Сатана. Йæ хъуырæгънæджытыл аивæй суадысты йе ’нгуылдзтæ, цыма фæндыры тæнтыл суадысты, афтæ, иу дзы æвæрд нæ разынд æгънæджытæй æмæ йæ сæхтæджы фæмидæг кодтой уыцы арæхстджын даргъ æнгуылдзтæ. — Уый Фарнæг куы дæ! — йæ дасын нæ ныууагъта, афтæмæй йе ’ргомыл дуарырдæм ахæцыд Уырызмæг. Нырма йæ туджы дзæхст нæма ’рсабыр, йæ хъуыды дæр нæма æрбадт æмæ цы сдзырдтаид Фарнæгмæ, ууыл ахъуыды кæнын йæ бон нæ уыд æмæ афтæ бакодта: — Мæнæ мæ сæр дасын æмæ... — Мидæмæ рахиз, нæ лæппу, — Фарнæгмæ ’ввахсдæр балæууыд Сатана, æмæ та йæ цæсгомыл æрдæбоны мид- былхудт стæпп кодта. — Нæ лæг йæ сæр дасы, ’мæ. Фарнæг Уырызмæгмæ каст æмæ уыдта — цыдæр кæны Уырызмæг, йæ къухтæ рызтысты, йæ улæфт дæр тыхыскъуыдтæ кодта. Æмæ йæм бадзырдта: — Æри-ма, æз дын æрдасон дæ сæр. Уырызмæг йæ сæрдасæн æруагъта, сæрдасæн йæ къухы, афтæмæй йæ уæларм фыццаг йæ иу русыл æруагъта, стæй йе ’ннæ русыл, уый фæстæ бадзырдта Фарнæгмæ: — Цæмæн? — Кæстæрæн Хуыцауы фæдзæхст у хистæрæн балæг- гад кæнын. — Уый раст у, фæлæ сæр сæр у. Искæй дасинаг цы сæр фæуа, уыцы сæр сæрмæ хæссинаг нал у — никуы фехъуыстай фыдæлты ныхас. Дæ сæрмæ цалынмæ дасынмæ æххæссай, уæдмæ у дæу, стæй дын дасынмæ кæмæ ’рхауа, æнæуый дæр уыдонмæ хауы. Уæд додойаг кæны лæджы сæр. — Адæм кæрæдзийыл нæ ауæрдынц — æмæ уый зонынц, фæлæ сæ алчи йæхиуыл дæр нæ ауæрды, æмæ уый нæ зонынц. Æндæр æвзонджы цæсты куыд хъуамæ сæгад уа зæронд?! Хуыцау афтæ сныв кодтаид — нæ мæ уырны.
Нарты Фарнсег 257 — Хуыцау бирæ цыдæртæ не сныв кодта афтæ. Фæлæ кæд каст Хуыцауы коммæ уыцы бæстон лæг?! Лæг афтæ арæзт у, æмæ Хуыцауыл дæр сайдæй цæуынмæ хъавы, цæстмæ митæ кæны Хуыцауы раз дæр. Нæртон лæг та — бынтон. Бирæ чи цард, уый азымы дардтой фыдæлтæ — уый, дам, йæ удмæ зын нæ исы, йæ риумæ — цæф. Æмæ, дам, уымæн цæры бирæ. Æмæ æгад кодта сæ цæсты зæронд. Фарнæг хъуыста Уырызмæгмæ æмæ хъуыды кодта: нæй, раст карст не ’рцыд ацы карз æгъдау. Йæ райдиан та но- джы карздæр уыд. Уæд-иу ын йæ цард скъуынгæ кодтой кæстæртæ, бынтон-иу чи базæронд, мæлæты лæг-иу чи сси, уымæн. Уæд уанцон цардыскъуыд нæу! Фæлæ фыдæгъ- дау фыддуджы райгуыры æмæ фыддуджы акæны мæлгæ дæр. Уый хорз у уæддæр. Уæдмæ Сатана зæронд местæ сæрачы мидæг атыхта, æмæ сæ тæрхæджы бын авæрдта. Йæ къабайыл йæ къухтæ æруагъта, æрлæгъзытæ йын кодта йæ тæрттæ, къонайы фарсмæ балæууыд, æмæ сфидыдта къона. Йæ цæсгомыл цыдæр æнæрцыд цины пырхæнтæ баззад, уыдон ын хурдзаст кодтой йæ цæсгом, æмæ йæ зæрдæ йæхимæ скъæфта. — Æрбад, нæ лæппу, — дзуры Фарнæгмæ. — Нæ лæг йæ сæр абон федта — рагсом æй райдыдта дасын боныцъæхтыл æмæ йæ кæд изæрмилтæм фæуаид. — Уырызмæджы кæй фелхыскъ кодта, уымæй ноджы фæрухсдæр и йæ цæсгом. Фылдæр ууыл дардта йæ зæрдæ, Сатанайыл Фарнæг. Уырызмæг — зæронд æгъдæуттыл хæст, галы бæрзæйыл æфсондз куыд слæгьз уа, афтæ сыл слæгьз и æмæ йæ къæхтæ куы ныццæва, уæд æй Сатана куы нæ азила, уæд ын æн- дæр азилыны амал нæй. Æмæ йæ уымæй ныфс уыди, Са- танайæ... Уæд цуанæй куы æрыздæхтысты Арци æмæ Уæн, уый та сæ размæ куы ацыди æмæ фæсте куы аззади Арциимæ, Уæн куы аразæй и, уæд ын ракодта хабар Арци: иу саджы фæдыл бафтыди — саг лыгьди, уый йæ сырдта. Æхстмæ йæ не ’ййæфта. Бафæллади æмæ йæ ныууагътаид — саджы азар куы нæ скодта Фæрнджынкомы! Фæлæ йæ, цыма йæ фæдыл барæй сайдта саг кæдæмдæр, мæнæ, аргъæутты куыд вæййы, афтæ, уый хуызæн æм каст хъуыддаг æмæ сцыбæл и. Комы рæбынмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ иу рындзыл 17 Хуыгаты Ссргей
258 Хуыгаты Сергей сдугъ кодта, йæ сæрмæ схæццæ рындзæн æмæ уыцы тæк- кæ ран йæ фындзыл ауад фæздæджы тæф. Æмæ дзыхълæуд фæкодта Арци. Саг афардæг, æмæ йæ саджы мæт нал уыд — кæцæй æрцыд ацы æдзæрæг коммæ фæздæг?! Ноджы фæздæг, цуанонты артæй чи ссæуа, ахæм фæздæг нæ уыд — цуанонты арты фæздæг рæуæгад фæкæны æмæ сæртæгад. Уый та хæдзарон фæздæг уыд, тыгуыры бын чи ныббадт, афтæмæй чи рафтыд æддæмæ, ахæм фæздæг. Æмæ хъуыдытыл фæци Фарнæг — нæртон лæг йеддæмæ æндæрбæстаг зынæй æрбафтдзæн Фæрнджынкоммæ æмæ нартæй æддæ ничи и уыдоны йеддæмæ — Тыхыл æмæ Гуарæйы йеддæмæ. Æмæ ма цымæ кæрæдзийы ссардтой? Нæ, æнæ ссаргæ сын нæ уыд кæрæдзийы — размæ сæ развæндагмæ куы нæ кастысты, фæстæмæ куы кастысты кæрæдзимæ æрмæст, фæйнæрдæм куы фæцæйцыдысты, уæд. Уыцы бонæй уæззаудæр бон нæма бавзæрста Фарнæг. Цаддæр лæппуйæ сæ арвыстой семæ — хъуамæ сæ Сагтыдоны онг акодтаиккой, уым сын хæлттæ сæппæрстаиккой — сæ иу дæлæмæ куыд ацыдаид был-был, иннæ — уæлæмæ. Цы зæрдæйæ, уæддæр сæппæрстой хæлттæ — æгъдау афтæ амыдта. Тыхыл уæлæмæ ацыд, Гуарæ араст и дæлæмæ. Цæугæ размæ кодтой — кæсгæ фæстæмæ. Кæрæдзийæ сæ цæстытæ атоной, уый сæ бон нæ уыди. Æмæ сæ тæригъæдæй йæ зæрдæ скъуыд Фарнæгæн. Æмæ, дам, ныр фæздæг, Фæрнджынкомы, дам, бадт фæздæг. Комахсæны фæстæ куыддæр фæдзода, афтæ иу изæр йæ цуангæрзтæ æмбырд кæныныл балæууыд Фарнæг. Уæн æмæ Уæртæмæн йæ уæлхъус алæууыдысты. — Цы дæ зæрды ис? — афарста йæ Уæн. — Рагсом хъуамæ цуаны ауайон. — Мæн нæ кæныс? — Нæгъ. Ды — хæдзаргæс. Уæн фесхъиудта. — Цал хæдзаргæсы хъæуы нæ хæдзары? Уæрхтæнæг — хæдзаргæс, Хорæхæрзæ — хæдзаргæс, Уæртæмæн — хæ- дзаргæс. Æз дæр ма — хæдзаргæс?! — Уæртæмæнæн æнкъард у æнæ дæу, гукк! Мæнæ ма иу мæй-дыууæ мæйы, стæй æртæйæ куы райдайæм цуаны цæуын, гъеуæд уыдзæни, гъе! Арци дæр-иу ам куы уа, уæд та-иу цыппарæй ацæудзыстæм.
Нарты Фарнсег 259 Рагсом бон нæма уыд, афтæ фæраст и Фарнæг. Уыдон йæ фæстæ кастысты уынгæй, кæд æй уынгæ нæ кодтой, уæддэер. Стæй йыл Сынтбадæнмæ схæцыди сæ цæст — уый дæр схæццæ Сынтбадæны рагъмæ, хуры фыццаг тын- тæ дæр ыл сæмбæлдысты æмæ, рагьы уæлæ цы их ныхсы- сти, уый уыцы таучел сырхбын цæхæрæй ссыгътой. Йе стъæлфæнтæ фæйнæрдæм тахтысты, цыма Сынтбадæны рагъ цы уыди, уымæй хъæсдарæг фестади æмæ йыл уæлар- вон Куырдалæгон йе стыр дзæбугæй, чи нæма ’рцыд, ахæм стыр æхсаргард цагъта... Фарнæг йæ тæккæ цъупмæ схæццæ рагъæн, уый фед- той уыцы цæхæркалгæ рухсмæ лæппутæ, стæй фæуырдыг кодта æмæ, кæм лæууыд, уым ма судзгæ цæхæр аззади æрмæст. Куыддæр фæуырдыг кодта, афтæ ’рбадт Фарнæг: иуæй рухсдзаст уыд æмæ йæ къах кæм æрæвæра, уый нал уыдта, иннæмæй цъæх их ныцци Сынтбадæны рагъ — бон-изæр- мæ йыл Хуры тынтæ сыгъдысты, æхсæв-бонмæ йæ дымгæ- тæ хостой æмæ ныххох и. Цæуæн ыл нæ уыд, бырьш ыл хъуыд, фæлæ цæуыл? Цы уыд ахæмæй Сынтбадæны дæвдæг рагьыл?! Ам, ацы фарс рагъæн æхснарцъы къутæртæ^зади, уый зыдта, фæлæ уыдонæй ницы пайда уыди ныр. Йæ алыварс кас- ти æмæ их йеддæмæ ницы уыдта. Уæдæ ихæн йæхицæй исты амал кæнын хъуыд. Йæ хордзентæй цуанон кард си- ста, йæ фындз ын ихыл æруагъта æмæ йæ зыланг фæцыди ихæн, цыма йæхи хуызæн æфсæйнагыл æруагъта кард, уый хуызæн. Уæддæр райдыдта их къахын — æндæр гæнæн нæ уыд. Бирæ фыдæбоны фæстæ дзы фынгмæ хæс- сæн тæбæгъы йас къæртт сæфтыдта. Дæлгоммæ йæ æр- фæлдæхта, сбадти йыл. Æмæ ахаста Фарнæджы, æмæ атах- ти Фарнæг. Цъæхснаг æхситт ныккодта йæ быны их, йæ хъустæ йын ныххоста уад. Фарнæг тарст — их куы асæтта йæ быны æмæ уыцы тахтæй дзодамæ куы ныххæццæ уа, уæд æй дзода йæ дæрзæг уæлцъарæй ныррæмыхстытæ, ныттугæрхæмттæ кæндзæн æмæ ма афтæмæй куыд фæцæ- удзæни дарддæр?! Уæдмæ æрсабыр æхситт, йæ сыф-сыф сыхъуыст ихæн йæ бынæй, æмæ бамбæрста Фарнæг — их фæци, дзода райдыдта. Стæй йæ сыф-сыф дæр къуырмайæ къуырмадæр кодта, æмæ бынтондæр банцади уыцы сыф-сыф. Фар-
260 Хуыгаты Сергей нæг фæгæпп кодта ихæй æмæ йæм кæсыныл фæци — их уыцы цъæх-цъæхид дзæнхъайæ лæууыди. Фарнæг æм бахудти, йæ хордзен бараст кодта æмæ, дзодайы уæлæ цы тæнæг мит уыд, ууыл йæ фæд уадзгæ, фæраст и уæлæмæ Схуалийы бæстырдæм, ууылты, Схуалийыбæстыл хъуамæ ныххызтаид Фæрнджынкоммæ. Хур ныгуылди, афтæ бахæццæ комы дымæгмæ. Йæ хордзентæ зæххыл æрæвæрдта, йæхæдæг раст слæууыд æмæ комы мидæмæ касти, хæдзары гом дуарæй куыд кæсай мидæмæ, афтæ. Комы мит рагæй нал уыди, йæ зæхх басур, ранæй-рæтты йыл кæрдæг фæхæцыд. Иннæ рæтты игæр- хъуыз ахаста, уыцы фæлмæн æмæ æхцон уыд цæстытæн, æмæ йæм лæг кæсынæй не ’фсæст. Фарнæг бирæ фæкаст, стæй баздæхт, тæгæры бын цы абузгæ суадон уыд, уымæ, йæ былгæрон нæууыл йæхи æруагъта, йæ армыдзыхъхъæй дзы ахуыпп кодта. Æмæ йæ фæндаггæгтæ систа. Дуне уыди сабыр æмæ æвæлмон, афтæ сабыр æмæ æвæл- мон æрмæст Фæрнджынкомы вæййы. Æмæ, Фарнæг куыд æууыддта йæ еууы къæбæр æмæ йæ хус фыдызгъæлы комдзаг, афтæ цыма ком æнæхъæнæй дæр æрдзæм-æрдзæм кодта йемæ, афтæ зынд. Йæ цылыхъы дон акалдта, суадонæй дзы нæуæг дон систа æмæ йæ дзыхыл сдардта цылыхъ. Адджын уазал дон сæхсæхгæнгæ тахти йæ комы,^æмæ уыцы сæх-сæхмæ цыдæр уынæр ауад йæ хъустыл. Йæ нуазын фæуагъта æмæ фæйнæрдæм хъусыныл фæци. Исдуг ницуал хъуыста æмæ та цылыхъ фæстæмæ сцæйхаста йæ дзыхмæ, афтæ нæуæгæй æрбайхъуыст уыцы уынæр — цыма чидæр кæмæдæр хъæр кодта, æмæ йæм хъæр йæхæдæг нæ хъуысти, йæ азæлд æм хъуысти — афтæ йæ бамбæрста Фарнæг. Йæхиуыл схæцыд, æмæ раст уыцы уысм нæуæгæй йæ хъустыл æруад уыцы азæлд, æмæ йæ уæнгтæ цыдæр æбæрæг змæлд бакодтой — уый рагон азæлд куы у, уалæ Луанылæгæты раз куы æхсæвиуат кодта а фæззæджы, уæддæр ма куы фехъуыста уыцы азæлд. Æмæ уый уалæ кæм æмæ кæм и, Луанылæгæт! Ау, уæдæй нырмæ рацу-бацу кæны уыцы азæлд? Æмæ Луанылæгæтæй ардæм рацу-бацу кæны æниу, Фæрнджынкоммæ?! Куыд фестад æмæ цæуыныл куыд фæци, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Цыди, æмæ цыма уыцы дзырды азæлд йæ сæрты пæрпæргæнгæ ратæх-батæх кодта æмæ йæ уый
Нарты Фарнæг 261 разæнгард кодта цæуынмæ. Суангыл-иу тæссармæ ’рбауад, æрхы-иу фæуырдыг кодта, хæрды-иу суади. Мæнæ та иу суангыл суайы, йæ сæрмæ йын æххæст нæма схæццæ и, афтæ йæ фындзыл ауад уыцы фæз- дæджы ад, Арци йын цы фæздæджы кой кодта, уый ад. Æмæ бамбæрста Фарнæг — ацы суангыл суади Арци дæр, саджы фæдыл куы бафтыди, уæд. Лæууыди, æхсызго- нæн улæфыд уыцы фæздæджы ад æмæ фæйнæрдæм фæлгæсыд. Лæууыд Фарнæг æмæ йæ риуы дзаг улæфыд, йæ сæры та мыдыцъары мыдыбындзытæ куыд гуыв-гуыв кæной, афтæ гуыв-гуыв кодтой^хъуыдытæ — уыдоны фæздæг уа Тыхыл æмæ Гуарæйы? Йæхи сæм æвдиса, кæд уыдон сты, уæд æви сæм искуыцæй бакæса ’мæ аздæха фæстæмæ? Æмæ стæй цы? Куы сæ фена æмæ куы аздæха, уæд?! Уыдон хъодыгонд сты, уыдон æгъдау фехæлдтой æмæ сын, æгъдау кæм и, уыцы дунемæ здæхыны бар нал и. Фæлæ кæд уыдон не сты? Кæд æндæр бæстаг сты? Фæлыгъдысты. Иу æмæ дыууæ фæлидзы. Æмæ ацы хъарм комы æрбынат кодтой. Фæлæ кæд уыдон сты, уæд ам кæй æрбынат кодтой, Фæрн- джынкомы, уый дæр та раст куы нæ фæкæса нартæм — хъодыгонд уай, афтæмæй Фæрнджынкомы æрбынат кæнай! Æмæ йæм уыцы рæстæджы, уыцы ран рындзыл расагъæс- басагъæс кодта, афтæмæй, зæд куыд ратæха, афтæ æргом ратахти уыцы цыбыр хъæры азæлд — хъæр йæхæдæг, уартæ рæбинаг суанджы фæсте кæцæйдæр стахти, æвæццæгæн, цæуылдæр бандзæвд æмæ, гыццыл ма бахъæуа, фæцæй- згъæлæнтæ кодта, уæддæр фервæзти æмæ йæм йæ азæлд атагъайы рæбынты æрбахæццæ: - Ху-ур-о-о! Фыццаг йæ хъусты ныггуыр-гуыр кодта азæлд, стæй хъусты сфæзмыдта æнæхъæн ком, æмæ æндæр ницуал уыд æгас комы — Ху-хур-о-о!.. Фарнæг йæ æрмттæ йæ хъустыл бауæлæфтау кодта æмæ лæугæйæ баззад рындзыл. Куыд æй бамбæрста, афтæмæй сылыстæджы хъæры азæлд уыд — бæрæг уыд йæ фæлмæн зылангæй. Æмæ рындзæй йæхи аппæрста Фарнæг. Уар- тæ рæбинаг суанджырдæм азгъордта. Иу ран згъоргæ- згъорын фæкомкоммæ иу къутæры хъæбысмæ, цалдæр къахдзæфы ма акодта æмæ йæ уæрджытыл æрхауд. Уым,
262 Хуыгаты Сергей къутæры хъæбысы фароны бæзджын фæсалыл, хъæбыс- хъæбыс хуыссыдысты сывæллон æмæ сæгуыты сæныкк. Сывæллон уыди лæппу, йæ уæлæ — цыдæр цармæй цы- бырдыс кæрц æмæ йæ гом цæнгтæ йе ’фцæгыл æрбатых- та сæныккæн — лæппу дæр æмæ сæныкк дæр уыдысты фынæй. Фарнæгæн, йæ къæхтыл слæууа, йæ уæнгты уыйас хъару нал уыд æмæ йæ уæрджытыл лæууыд, афтæмæй æдзæмæй касти къутæры хъæбысмæ... Сатана фынг ацæттæ кодта, лæгтырдæм æй байста, стæй Уырызмæджы уæлхъус балæууыд, йæ къухæй йын сæрда- сæн айста. — Мæнæн мæ сæры хицауы сæр у æмæ йыл мæ бар цæуы, — йæ былтæ гыццыл зыхъхъырæй^аззадысты, æмæ йæ урс-урсид дæндæгты рæгъ фæзынди. Йæ дыууæ къухы цыма кæлæнтæ кодтой, афтæ арæхстджынæй архайдтой, æмæ уайтагъд сæры фахс цæхæртæ акалдта, уый фæстæ йын хъарм доны тылд хисæрфæнæй асæрфта йæ сæр Сатана. — Гъеныр фынгыл сбад, нæ лæппуйæ худинаг у, — йæхæдæг фездæхт къонамæ, аджы сæр фелвæста, фыдис дзы фæтъыста æмæ дзидзайы хай систа. Фынгыл æй æрæвæрдта. Уырызмæг æрбадт. — Æрбад уæдæ. Не ’фсин нæ дзæбæх уынывæнд скодта. Фарнæг æввахсдæр балæууыди фынгмæ. — Цæл кæнынмæ бæргæ не ’рбацыдтæн, — гыццыл фæкъуызæгау. — Хатæг уæм æрбацыдтæн. — Хатæг чызгджын хæдзармæ фæцæуынц. Æрбад, — загъта та нæуæгæй Уырызмæг. — Хъомысджын хæдзармæ дæр фæцæуынц хатæг, — фыццаг Уырызмæгмæ бакаст,^ стæй — Сатанамæ. Сатана гыццыл æддæдæр лæууыд. Йæ иу къухæй дурыны хъусыл хæцыд, йе ’ннæ къухæй зынди сыкъайы тым- был ком. — Æри, æз рауадзон ронг, — бадзырдта йæм Фар- нæг. —. Сбад, — загьта та Уырызмæг, — уазæг уырдыг нæ фæлæууы. — Æз кæд бынтон уазæг нæ дæн.
Нарты Фарнæг 263 — Иу къонайæ иннæ къонамæ чи бафта, уый уазæгыл нымад у. Сатана хæста^гдæр балæууыд фынгмæ. — Лæппу нæй нæ хæдзары, æмæ йын йæ куыстытæ хъуамæ æз кæнон. Мæнæй æввахсдæр æм ничи и. — Кæмæ? — Сатанайы ныхас нæ бамбæрста Фарнæг æмæ фæтыхсти. — Чи нын нæй, уыцы лæппумæ, — цыма йе ’нкъард ныхасæй æфсæрмы фæци, уыйау бахудти Сатана. Уыцы ’нкъард бахудт æрхъæцмæ хъæцын нал бауагъта Фарнæ- джы. Фыццаг Уырызмæгмæ бакаст, стæй Сатанамæ. — Тыхылы нал хъуыды кæнут? Уырызмæджы æрфгуытæ базмæлыдысты. — Кæй Тыхылы кой кæныс? А Хуройы фырты? Æмæ уый, лæг кæй нал хъуыды кæна, ахæм гуырд уыди?! — Дæттæй, цы лæггаг уыди, цы! — арф ныуулæфыд Сатана æмæ, цыма стырдæр фæци, афтæ фæзынди Фар- нæгмæ. — Арвуациллайы хуызæн! — ныхас та йæхимæ айста Уырызмæг. — Æмæ ницæй тыххæй фесæфт. Иннæ ахæм Еухæры чызг. Чызг нæ, фæлæ судзгæ æхсидав. Уыдон куы баиу уыдаиккой, уæд сын цы байзæддаг рацыдаид! Сатана ронг рауагъта. Уырызмæгмæ йæ радта, æмæ ра- куывта Уырызмæг: — Хуыцау, нæ мæгуыр уæзæг дæ фæдзæхст. Йæ кад- йæ радæй цы фæкайд и, уый йæм æртывæрæй цы æрыздæ- ха, уыцы ахъаз бакæн. Нæ рахиз æмæ нæ галиу цы зонæм æмæ нæ рахиз нæ галиуыл хæцын цы фæраза, уыцы æх- хуыс нын дæ цæст бауарзæд. Нæ ацыды нæ къулгард згæ куыд нæ кæна, не ’рбацыды нæ бонхæрæнтæ йедзаг цы кæной, уыцы тæразы нæ бафтау, иунæг кадджын Хуыцау! — Уырызмæг фынджы сæрты сыкъа бадардта Фарнæгмæ. Фарнæг æй айста. Сыкъа уæлæмæ сдардта, хæрдмæ скасти йæхæдæг дæр. — Хуыцау, а хæдзары фарс у! — ацахуыста дзы æмæ æруагъ-та сыкъа! — Фехæлдтой фыдæлты æгъдау. Æмæ кæм уыди ахæм фидар æгъдау! Маргъ нæ атахтаид йæ сæрты — æрхаудаид. Æмæ йæ адон сæ быны баууæрстой. Лæгæн йæ туг йæ зондыл куы стых вæййы, уæд ыл афтæтæ цæуы, гъе! Æмæ лæппу
264 Хуыгаты Сергей æддых уыди, кæд Ногъай ’ырдæм афтыд, уæд искуы æххуырсты куыст кæвдзæн, фæлæ чызджы кæд искуы бирæгь- тæ бахордтой, уæддæр ын цы бæрæг ис! — Цæхгæр фездæх- та йæ ныхас: — Бануаз кувæггаг! — Демæ нуазыныл куыд схæцон! Фæлæ йын, æвæц- цæгæн, æнæ бануазгæ дæр нæй. — Нæ йæм хъусыс? — Сатанамæ аздæхти Уырызмæг, йæ цæстытæ бахудындзаст сты гыццыл. — Æз хъуамæ ма нуазин йæ цуры. Мæ фыды æфсымæр у. Сатана дæр бахудти. — Ды та йын зонд фæамоныс — дæ фыды ’фсымæрæн! Цы дын зæгъа, уый-иу бакæн æмæ уа! Фарнæг ануæзта, сыкъа радта Сатанамæ. Стæй аздæхт Уырызмæгмæ. — Уæдæ мæм байхъус, ме ’фсымæры лæппу. Æз дын мæ цыды сæр бамбарын кæнон. Нæ йæ бахордтой бирæгътæ Гуарæйы. Нæ афтыд Ногъамæ Тыхыл дæр. Иумæ сты. Уырызмæджы æрфгуытæ базмæлыдысты, йæ армы тьæпæн йæ даст сæрмæ схаста, æрлæгьзытæ кодта йæ сæр. — Кæм сты? — Уалæ Фæрнджынкомы сты. — Цы ми дзы кæнынц Фæрнджынкомы? — Цæрынц дзы, — загъта Фарнæг, стæй йæ цæнгтæ фæхъил кодта æмæ ныууынæргъыдта. — Уыдон цы хъизæ- мæрггæ фидынц, уо Хуыцау! Зæхх куыд нæ аскъуыйы уыдо- ны тæригъæдæй, æмæ арв куыд нæ нызгъæлæнтæ вæййы! Уырызмæгæн сыкъа йæ къухы æрæййæфта уыцы ныхас, æркаст сыкъамæ, йе ’ннæ къухæй дæр æм бавнæлдта. — Цæмæй зоныс уыцы хабæрттæ? — Уыдтæн дзы Фæрнджынкомы,- — цыбырæй загъта Фарнæг æмæ арф ныуулæфыди. — Цæмæ дзы схæццæ дæ? Хъодыгонд хæдзармæ цæуын хъодымæ цæуы, уый зоныс? — Зонын. Цуаны уыдтæн æмæ, мæнæ, аргъæутты куыд- дæриддæр вæййы, афтæ мæ иу саг йæ фæдыл сайын бай- дыдта æмæ мæ раст сæ тæккæ дуармæ балæууын кодта. — Арцийы ныхас йæ зæрдыл дардта, афтæмæй загъта Фарнæг. — Хъоды хъазæн хъуыддаг нæу: хъоды лæгыл уымæн нæ бакæнынц, æмæ ацæуа ’мæ уалæ, — Уырызмæг йæ цонг фæрссаджырдæм бадаргъ кодта. — Фæрнджынкомы хус-
Нарты Фарнæг 265 сармæ ус æрхæсса æмæ йемæ хъылдым кæна, куыд æй фæнды, афтæ. Хъоды лæгыл уымæн бакæнынц, æмæ иунæ- гæй джиуа, хъуамæ царды цин мауал бавзара, хъуамæ адæммæ йæ былыцъæрттæ фæхæра. Уыййеддæмæ лæгæн ус куы уа, усæн лæг куы уа, уæд ма уый цæй хъоды у! Махтæн дæр устытæ йеддæмæ ницы и. — Уæ фынджы кой бакæнут. Ныхас фæстæдæр кæн- дзыстут, — загъта Сатана. — Ануаз, нæ лæг, дæ сыкъа. Уырызмæг ницуал загъта. Сыкъа бануæзта æмæ фынгмæ æрæвнæлдта. — Уыдоны тæригъæд куы нæ федтаин æмæ цæрæнбонты цуаны цæуынхъом куы нæ суыдаин. Удысмаг сæ никæйуал и Хуыцауы бын. Сырдвыд — сæ хæринаг, сырддзарм — сæ дарæс. Къæдзæхы рæбын байбын бакъахтой. Уырызмæг, йæ къухы цы къæбæр уыд, уый фынгыл æрæ- вæрдта. — Иу ма куыд баисты, иу?! Афтæ дзырд сын куы уыди, сæ иу дæлæмæ куыд ацыдаид Сагтыдоны былтыл, сæ иннæ — уæлæмæ, уæд Сагтыдон тымбыл цæуын байдыдта!? — Сагтыдон тымбыл цæуын нæ байдыдта, ацы лæг, — Сатана хæстæгдæр балæууыд Уырызмæгмæ. — Фæлæ уд! Уд тымбыл дæр цæуы, уырдыгмæ дæр цæуы æмæ — хæрдмæ дæр. Æмæ уæ хатыр курын, сылыстæг дæн æмæ уæ ныхасмæ ныхас кæй æппарын, уымæй, фæлæ уыдоны тæригъæд нæ фæдыл куы бафта, уæд нæ цæрын нæ ныууадздзæн. Уыдонæн сæ тæригъæд дæр æндæрхуызон у — рæсугъд æмæ тызмæг. Æмæ сын сæ аххос иууыл се ’ккой сæвæр — Хуыцаумæ нын нæ фæкæсдзæни раст, табу йын уа Хуыцауæн! — Уæдæ сын æй ме ’ккой æвæрынмæ хъавыс сæ аххос ды дæр?! — Сатанамæ аздæхти Уырызмæг. — Де ’ккой æвæрынмæ дын æй ничи хъавы, фæлæ йæ хорз куы зоныс — дыууæ зæрдæйы иу артæй куы судзой, уæд сыл фæйнæ авд дуары куы сæхгæнай, уæддæр сæ нæ бауромдзынæ. Æмæ уыцы арт Хуыцауы æвастæй ссудзы сæ зæрдæты? Куыннæ стæй! — Сатана гыццыл фæлæу- уыд, фæлæ иннæтæй дæр ничи ницы сфæрæзта дзурын, æмæ та уæд райдыдта йæхæдæг. — Нæ фæлæ уый чи æрхъуыды кодта, уымæн цы хуызæн зæрдæ уыди йæ риуы! Сæ туг, дам, куса, сæ зæрдæтæ, дам, сæхи къултыл хойой æмæ, дам, сæ хуыссæг фæлидза æмæ, дам, дзæбæх хъаг-
266 Хуыгаты Сергей гæной рæгъау, ма, дам, сæфа рæгъауæй. Æмæ уый хуызæн сонт удтæй цы фæхъæуа æхсæв-бонмæ, уый аргъ æгас ду- нейы рæгъæуттæ куы нæ сты! — Уæдæ мæ нæ удыбонтæ куыд кадавардæр кæнынц, афтæ нæ нæ хæйрæджытæ не ’гъдæутты ныхмæ скодтой — нæ бæззынц не ’гъдæуттæ! Уæдæ нырмæ куыд бæз- зыдысты?! Нырмæ нæ цыдысты чызджытæ æмæ лæппу- тæ рæздарæнмæ æмæ сæ цал фегъуыстаг и? Иу дæр нæ! Æмæ уæд æндæргъуызон нымæттæ конд уыди сæ быны, йе сæ уæлæ æндæргъуызон нымæттæ уыд æмбæрзт?! Фæлæ сыл цы бæрн æвæрд уыд, уый хуыздæр æмбæрстой — удæй дæр æй æмбæрстой, зæрдæйæ дæр æмæ тугæй дæр. Æмæ уæд сабыр лæууынц уд дæр, зæрдæ дæр æмæ туг дæр. — Уырызмæг сыкъа йæ иу къухæй иннæ къухмæ айста, æмæ та йæ афтид къухæй фæрссаджырдæм аца- мыдта. — Уый æрмæст уым фос хъаггæныны тыххæй нæ уыди уыцы æгъдау, нæ — уый уд бæрæггæнæн æгъ- дау уыди, уд фидаргæнæн, гъе! Æмæ та йæ уым балæууын кодтой, Фæрнджынкомы уыцы ныхæстæ Фарнæджы. Лæууы йæ зонгуытыл къутæры раз æмæ кæсы къутæры бынмæ лæппу æмæ сæныкмæ. Лæппу уыд бæгъæмсар — йæ тæрхъусдзарм худ уым иуварс лæууыди, йæ бур сæрыхил хурмæ æрттывта, æмæ сызгъæрин коцораджын лæппуйы хуызæн зынд. Сæныккæн йæ уæнгтæ уыдысты ламигъуыз, йе ’фцæгæй размæ та уыд урс. Æмæ йæ сæр уыцы урс æмæ сыгъдæгæй лæппуйы дæллагхъуыр бакодта. Ахæм рæсугъд ныв никуыма федта Фарнæг æмæ сæм æдзæмæй касти. Лæппуйæн йæ къæмисæны тугдадзин æнцад-æнцойæ иу тæпп иннæ тæппы фæстæ кодта. Йæ таппуз былтæ кæрæдзийæ фæиртæстысты, цыма истæуыл дис бакодта, уый хуызæн. — Хур-о-о! — æрбаулæфыди та кæцæйдæр æрдæбоны азæлд, фæлæ йын ацы хатт афтæ æхсызгон нæ уыд: куы сæ райхъал кæна уыцы азæдд, уымæй тарст. Уæддæр фæкаст, хъæр æм кæцæй æрбайхъуыст, уыцырдæм æмæ цæхгæр фестад — рæбынæй, тамачъийы къутæртæ сæ цæнгтæ кæрæдзимæ кæм баивæзтой, ууылты æрбацæйзгьордта Гуа- рæг Йæ даргъ дзыккутæ дыууæ быдæй йæ уæхсчытыл æм- бæлдысты æмæ фæстæмæ стъæлфыдысты, куыд лыгъди, афтæ. Йæ уæлæ уымæн дæр уыд, йæ зæнджы фæтасæн-
Нарты Фарнæг 267 тæм чи æххæст, ахæм цыбырдыс кæрц. Кæрцæн йæ фæдджитæ фæйнæрдæм ахæцыдысты, йæ уæраджы сæртæ разындысты æмæ уыцы æлвæст æмæ бæрзондæй цæстæнгас сæхимæ здæхтой. Æмæ згъордта Гуарæ. Æмæ йæм кæсгæйæ баззади Фарнæг. Дæлæ æрбахæццæ кæны йæ комкоммæ, йæ былтæ баз- мæлыдысты. Æвæццæгæн та хъæр кæнын ис йæ зæрды, фæлæ уæдмæ Фарнæг йæ къух фæхъил кодта. — Гуарæ?! Гуарæ сагъдау аззади, йæ цæстытæ сæхи мидæг сзылдысты, атымбылтæ сты, астыртæ сты йæ цæстытæ, стæй ныззылд фæстæмæ. Æвæццæгæн, алидзынмæ хъавыд, фæлæ лидзгæ нæ акодта — уыцы цæстыфæныкъуылд чызг кæуылты æрбацæйзгъордта, ууылты æрбацæй- лыгъд Тыхыл. Æмæ Фарнæг йæ размæ аппæрста йæхи Тыхылæн. — Тыхыл! Тыхыл дæр фæлæууыди фыццаг. Фарнæгмæ нæ — Гуарæмæ аззади кæсгæйæ, стæй уымæн дæр фæцыд йæ хъæр æмæ æрвнæрæгау ацыди нæргæ уыцы сабыр комы: — Фар-нæ-æг! Æмæ згъордтой кæрæдзимæ Фарнæг æмæ Тыхыл, сæ цæнгтæ фæйнæрдæм ныттыгътой, цыма цæргæстæ уыдысты æмæ арвмæ стæхынмæ хъавыдысты. Куы бахæццæ сты кæрæдзимæ, уæд фыццаг сæ риуты гуыпп фæцыд, стæй кæрæдзийыл æрбатыхтой сæ цæнгтæ. Гуарæ уæддæр лæууыд, куы-иу йæхимæ æркаст, куы та-иу уыдонмæ бакасти... — Æгъдау фехæлдтой, уый алчидæр зоны, уымæн хос нал и. Хос ма цæмæн и, ууыл батыхсын хъæуы, — загъта та Сатана. Уырызмæг æм йе ’рфгуыты бынты бакаст. — Де ’рфгуыты бынты мæм ма кæс. Æз дын уыцы каст нæ уарзын, — йæ арм йæ дæларм акодта Сатана. — Уæдæ мын кæцы каст уарзыс? — Де ’рфгуытыл уæлæмæ куы схæцыс, уæд мæм цы кастæй фæкæсыс, уыцы каст. Æгъдæуттæ царды тыххæй фæзындысты æмæ, æнæбары иу æгъдау чи фехæлдта, уымæн йæ цард барæй иууылдæр фехал — афтæ цы ’гъдау домы, уымæй æгъдау нæй.
268 Хуыгаты Сергей — Æмæ мын цы ми кæнын кæныс? — Нæ лæппу дæм æрбаулæфыд, æмæ йе ’нцой балæуу! — Мæ тæригъæд де знаджы хай, кæд Ныхас цы хъуыд- даг алыг кодта, уый мæнæн нæ ивын кæныс! — Дæуæн æй ничи ивын кæны. — Уæдæ?! — Ныхас æй йæхæдæг аивæд. Ды йын æй аивын кæн Ныхасæн. — Куыд, цымæ? — Куыд, куы, нæ кæстæртæ фæрæдыдысты, нæ дзæ- бæх кæстæртæ æмæ сын хатыр фæуæд, боны фæстагмæ, иу рæдыд Хуыцау дæр зоны! Æгъгъæд сын уæд, æртæ азы æмæ ’рдæг цы утæхсæнтæ бавзæрстой, уыдон. Уырызмæг фыццаг йæ иу арм систа йæ сæрмæ, стæй йæ иннæ арм æмæ æрсабыр сты æрмттæ сæрыл. — Æппындæр ницы мæ сæрæн зонын. Нырма нарты Ныхасы ахæм хъуыддаг никуы ’рцыд. — Ныр дзы æрцæудзæн. Ды бахæсдзынæ уыцы фæн- дон. Ды Уырызмæг дæ, Нарты Уырызмæг. Уый тыххæй йæ уæддæр бахæсдзынæ, æмæ йæ нырмæ кæй никуы ничи бахаста. Фарнæг кæсгæйæ баззади Сатанамæ — цæмæй йын ба- зыдта йæ хъуыдытæ?! Сатана бахудти, стæй йæ худгæ цæсгом аздæхта Уырыз- мæгмæ. — Исты ма зæгъыс? — Цы ма зæгъон! — Нæ лæппу нæм йæхи æрбакъул кодта, æмæ хъуамæ йе ’нцой балæууæм. Афтæ нын æмбæлы æз æмæ дæуæн, стæй ма нын æмцегтæ дæр уыдзæн. — Гъа, мæ уд! — йæ цæнгтыл фæйнæрдæм ахæцыд Уырызмæг. — Уæдæ ныр фæйнæ баназут! — дурын таучел къул фæкодта сыкъамæ Сатана, æмæ дурыны уынгæг комы ных- хæл-хæл кодта ронг. Изæрмилтæ кæрæдзийы аууæтты хæдзæртты дæлба- зыртæм хъуызыдысты. Цырагъ ничима ссыгъта, æмæ хъаеу, цыма истæуыл ныхъхъуыды кодта, уый хуызæн зынди. Хорз уыди, Уырызмæгтæм кæй бацыди, уый. Цыма уаргъ бахаста Уырызмæгтæм, хæссын кæй нæ
Нарты Фарнсег 269 фæрæзта, ахæм уаргъ, æмæ йын æй уым Уырызмæгты стыр хæдзары йе ’ккойæ æрæргъæвтой Уырызмæг æмæ Сатана. Уыдон йе ’вварс рахæцдзысты, æмæ дзы уæд æндæр æвварсхæцджытæ дæр фæзындзæн — стæй иугæйттæ нæ. Сатана Ныхасы нæ уыдзæн, фæлæ дзы Уырызмæг фыццаг Сатанайы бæсты уыдзæн, стæй та йæхи бæсты. Фыццаг-иу Сатанайы зæгъинаг зæгъдзæни æмæ Сатанайы зæгъинаг дзæгъæлы фæуа, уый гæнæн нæй. Ныхас чи нæ ныссабыр кæна, æмæ чи нæ нызмæ- лын кæна, ахæм ныхас нæ зæгъын кæндзæни Сатана. Уæдæ цы диссаг у Сатана! Æмæ йæхи нал баурæдта Фарнæг — йæ фæдыл тыргъмæ куы рахызти Сатана, уæд йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд Фарнæг, йæ цæнгтæ йæм сивæзта, дзуармæ куыд сивазынц сæ цæнгтæ, афтæ æмæ, йæ цин йæ хъуыры бадти, афтæмæй ма тыхтæ ’мæ фыдтæй сдзырдта: — Цымæ цы уыдаиккой æнæ дæу нартæ! Æмæ æниу уыдаиккой æнæ дæу?! Сатана йын йæ сæрыл йæ арм æрæвæрдта, йæ тæри- гьæдтæ кæмæн фæхатыр кæнынц, уый сæрыл куыд æрæвæ- рынц сæ арм, афтæ — йæ сæрыхъуын арц сбадт Фарнæгæн. — Уæлæмæ сыст, нæ лæппу! Ды ахæм фарны гуырд дæ, дæ зонд æмæ дæ конд кæрæдзийæ никуы фæиртæс- дзысты — табу, дæу ма нын æрæджиау цы Хуыцау радта, уымæн! Хъуыдытæгæнгæ Уæллагхъæумæ куыд схæццæ и æмæ мæсыджы фæзы куыд æрлæууыд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта Фарнæг. Æмæ цæхгæр фæлæууыди — ардæм цæуинаг куы нæуал уыди, уæд ма цæмæ ’рбацыди ардæм? Уæддæр æрлæууыд æмæ хæрдмæ касти мæсыджы сæрмæ, кæд уынгæ нæ кодта мæсыджы сæр, уæддæр. Абон куы стыхсти йæ сагъæстæй, уæддæр ардæм æрбацыд, ардæм æрбацæуа, уыцы зонд æм нæ уыд, афтæмæй æрбацыд, кæлгæ чи фæкæны, уыцы сывæллон йæ мадмæ кæугæ куыд бацæуы, уый хуызæн уый та мæсыгмæ æрбацыд, æмæ йæ басабыр кодта мæсыг, сывæллон йæ мады хъæбысы куыд басабыр вæййы, афтæ. Ардыгæй касти мæсыджы сæрæй æмæ федта — далæ Уырызмæгты ердойæ фæздæг бырсы арвы риумæ, уырдыг ныллæууыд хæдзары сæр, цыма дзы исчи арвмæ цæдджындз сæвæрдта. Касти фæздæгмæ, æмæ
270 Хуыгаты Сергей йæм дзы йæ уæнгтæм цыдæр хъарм æрбандæвта — афтæ йæм зынд, æмæ йæм уæд ердойы хъарммæ æрцыди уыцы хъуыды — уыдонмæ уал фæцæуа, Уырызмæгтæм, уыдонæн ракæна Тыхыл æмæ Гуарæйы хабар æмæ уал уыдонмæ байхъуса, Уырызмæг æмæ Сатанамæ, кæддæра цы зæгьиккой! Уыцы фæндыл куы ныллæууыд, уæд ратагъд кодта дæлæмæ. Ам ма фæзы иу лæуд фæкодта — йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ иухатты фын. Ардæм æй куы уыдта кæ- цæйдæр, мæсыджы фæзмæ. Тыхыл Хуромæ куы ныллæу- уыд, мæ бæх, дам, мæ саувадыг, дам. Афтæмæй саувадыг нæу йæ бæх Тыхылæн. Бæх æмæ Арци та ам куы лæу- уыдысты мæсыджы рæбын. Уæд æм тынг дард уыди Ты- хыл — йæ фын æм куыд дард уыди, Тыхыл дæр æм афтæ дард уыди. Ныр æм феввахсдæр и, бирæ йæм феввахсдæр и ныр. Æмæ та йæ æрфæндыд уæлæмæ схизын, мæсыгмæ. Цæмæн æй æрфæндыд, уый дзæбæх не ’мбæрста. Кæд æм Уырызмæгтæм ацæуа, уыцы зонд уым кæй æрцыд, мæсыджы сæр, уый тыххæй? Адæймаг иу хатт хорз кæм баййафы, уырдæм æй иннæ хатт дæр фæфæнды, æмæ, æвæццæгæн, уымæн æрфæндыд уый дæр. Къæсæрыл бахызт æмæ араст и асинтыл уæлæмæ. Куыд уæлдæр цыд, афтæ æнкъарын байдыдта цыдæр хæдзарон тæф, къонайы хъармæй кæй рахастæуыд, мæсыджы æнæарт уазал тæфæй чи хицæн кодта, ахæм тæф, æмæ ахъуыды кодта — чи дзы хъуамæ уыдаид мæсыджы? Куы фæцæйхæццæ кодта мæсыгæн йæ сæрмæ, уæд бамбæрста — нырма ам и, уыцы тæф йемæ чи ’рбахаста, уый, æмæ бадис кодта: чи хъуамæ уа æмæ цы ми хъуамæ кæна ацы афон ам?! Исдуг æм фæстæмæ раз- дæхыны зонд æрцыди, фæлæ нæ раздæхти фæстæмæ — мæсыджы сæрмæ фæцæйцу æмæ æрдæгвæндагæй раздæх! Уый уынгæй раздæхыны хуызæн нæу. Уæдмæ сзынди мæсыджы сæрмæ, акаст æмæ лæугæйæ аззад асины къæп- хæнтыл — былгæрон йæ чъылдым схизæнырдæм, йе ’ргом уартæ нарты Саухъæдмæ арæзт, афтæмæй лæууыди Уæртæ- мæн. Йæ фæтæн уæхсчытæ хицæн кодтой арвы цъæхæй. Чидæр ссыди, уый бафиппайдта, йæ уæхсчы сæрты ракаст æмæ хъазгæмхасæн бакодта: — Æзынма мæ ничи фендзæн, афтæмæй акæсдзынæн, æмæ дæ уадзынц нартæ афтæмæй акæсын! — Уæртæмæн куы дæ! Æмæ куыд кæсыс ацы талынджы,
Нарты Фарнæг 271 стæй кæдæм кæсыс? — йæ дис фергом и Фарнæгæн. — Науæд боны рухсы цæмæннæ кæсыс?! Уæртæмæн исдуг фæтыхсти, стæй загъта: — Боны рухсы зын кæсæн у дардмæ. Цæстытæ бирæ цæуылдæрты схæцынц фæндагыл, æмæ сæ рухс нæ бахæц- цæ вæййы, кæдæм кæсай, уырдæм. — Æмæ кæдæм кæсыс? — йæ дис нæ къаддæр кодта Фарнæгæн. Уæртæмæн арф ныуулæфыди. — Нæхимæ кæсын. Мæ мад æмæ мæ фыд кæм сты, уыцы бæстæм. Æмæ бамбæрста Фарнæг — дзæгъæлы уыдысты йæ фæндтæ: ам æрцæрдзæни Уæртæмæн, æмæ сын æфсымæр уыдзæн Уæнимæ. Арф ныуулæфыд Фарнæг дæр. Фæлæ диссаг нæу? Бон, дам, мæ цæсты рухс нæ бахæццæ вæййы... Æмæ схизы мæсыгмæ, куы ’рталынг вæййы, уæд — фыц- цаг хатт ын нæу, æвæццæгæн — æмæ фæкæсы. Æмæ фены йæ фыды зæронд гæнах. Йæ сисрæбын бадынц гæнахæн, багуыбыр сты, афтæмæй мад æмæ фыд. Æнкъардæй арвыстой сæ цардыбонтæ, цот сын кæй нæ цыди, уый тыххæй, — афтæ сæ нылхъывта уыцы мæт æмæ сын Уæртæмæн куы райгуырд, уæддæр нал баисты сæ уæнгтыл схæцынхъом. Афтæ гуыбырæй арвыстой сæ цардыбонтæ. Аракæс-бакæс кодта Фарнæг фæйнæрдæм, фæлæ дзы ницы федта æмæ ахъуыды кодта — кæд уый дæр иунæгæй акæсын хъуыд, Фарнæджы дæр? Æмæ йæм, Уæртæмæны кæй нæ бауагъта дзæбæх кæсын, уый тынгдæр бахъарыд. Йæ уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта. — Баджиз дæ дардтон? — Нæгъ. Æз бирæ фæкастæн... Фæстæмæ фæцæйхызтæн, фæлæ дын дæ къæхты хъæр куы фехъуыстон, уæд æй базыдтон — ды дæ. Æмæ дæм фæлæууыдтæн. — Уæртæмæн фенцад йæ ныхасæй. Фарнæг та хъуыдытыл фæци, æмæ фæсабыр и мæсыгæн йæ сæр, æрмæст ма мæсыгæн йæ хуылфæй, иухæст чи уыд, ахæм иугæндзон уынæр хъуыст — бынæй цыд æмæ суанг йæ сæрмæ хæццæ кодта, цыма, мæсыг фæдисы арт ыл кæд ссудздзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсынæй бафæллад, æмæ уый уынæргъын уыд. — Ардæм хорз зыны сымах мæсыджы сæрмæ мах бæс- тæ, — райдыдта æрæджиау Уæртæмæн, — талынг-талынг
272 Хуыгаты Сергей акæс æдзынæг хæхтæ ’мæ рæгъты сæрты, æмæ йыл уайтагъд æрхæцынц цæстытæ. Уым ныггуыбыр и мæ фыды гæнах. Æнхъæлмæ кæсы мæнмæ æмæ дæумæ. Дæу зоны нæ хæдзар. Æз мæхи куы нæма æмбæрстон, уæд-иу уым бадтæн, нæ артдзæсты — æвæццæгæн, уымæн æрæгмæ цыдтæн ме ’муд — мæ цæфтæ-иу тавтон нæ къонайы хъарммæ æмæ-иу нæ ар- тæн, куыд мæ фервæзын кодтай, уыцы хабæрттæ кодтон. — Æмæ дын дæхицæн уый фæстæ куы ракодтам уыцы хабæрттæ! — загъта хъæрæй Фарнæг. — Æз сæ зыдтон уый размæ дæр, ма тæрс, мæ уæнджы уыдысты. Æмæ дæм æнхъæлмæ кæсы. Стæй — Уæрхтæ- нæгмæ дæр. Ох-ох, кæдæй нырмæ дзы нал уыди Уæрхтæнæг! Æмæ ноджы Уæнмæ — Уæн дзы нырма æппындæр никуы уыд, æмæ йæм уымæн кæсы æнхъæлмæ уымæ та. Æндæр ницуал загъта Уæртæмæн. Фæлæ Фарнæг ха- тыдта — йæ зæрдæйы цы дзырдта, уымæ гæсгæ æппæты тынгдæр Сагинæмæ æнхъæлмæ каст Бæртæлæджы гæнах. Кæд ныггуыбыр, уæд уымæ æнхъæлмæ кæсынæй ньптуыбыр, Сагинæмæ. Цы чызг раци Сагинæ, нæ фæлæ! Куы бахуды, йæ дыууæ уадулыл дыууæ дзыхъхъы куы абады, уæд афтæ фæзыны, цыма кæронмæ нæма райхæлд йæ бахудт, цыма ныртæккæ райхæлдзæн кæронмæ, ацы цæстыфæныкъуылд, æмæ дуне фендæрхуызон уыдзæн. Йæ цæстытæ фæтынг сты — цыма уалдзæджы улæфт сæмбæлы лæгыл, цъæх уалдзæджы. Дардæй йæм бакæс, æмæ гыццыл чызг нырма. Разкъæртт къаба йыл никуы вæййы — иууыл уыцы уæрæх змæлæн къаба. Æмæ уыцы уæрæх къабайы дæр бæрæг фæдарынц йæ нарæг астæу æмæ йæ размæвæрд тæрттæ, артдзæсты цæхæр куыд нуæрст вæййы, афтæ нуæрстæй. Уыцы рагсомы фæстæ сæм нал цыди — Уæртæмæн йæ къахыл куы слæууыди, уый та сæм сонты хуызæнæй куы ’рбамидæг и, Сагинæ, æмæ сын кафынмæ куы асайдта сæ цин. Æнæуи афтæ нæ раргом уыдаиккой, фæлæ Уæны фæндырдзагьдмæ сæхи нал баурæдтой. Сæ зæрдæтæ сын фегом кæнын кодта кæрæдзимæ. Æниу æй цæуыны сæр дæр афтæ нал хъуыди. Уæртæмæн фæдзæбæх, уæдæ ма хæдзары куыстытæ уыдысты æмæ Хорæхæрзæйæн уыйбæрц дæр куы уыдаид куыст! Æмæ зæхмæ ныхъхъуыста Уæртæмæн: цыма рынчыны фæстинон нæ уыди, фæлæ нырма ныр фæрынчын æмæ йæ фыдæвзарæнтæ разæй сты. Къонайы фарсмæ-иу
Нарты Фарнæг 273 цыдæрхуызон багуыбыр уыдавд, цыма-иу йæ фæтæн уæхсчьггæ руайгæ бакодтой, бадти-иу, бадти уыцы æнкъардæй æмæ-иу фысы цæсгомы хуызæн кæд нæ багуыбыр йæ цæсгом. Фысы цæсгом афтæ æнкъард у, уый йæм уæд бахъарыд Фарнæгмæ. Уæд Хорæхæрзæ тынуафын æрымысыд — кæдæй-уæдæй ма тынгæрзтæ снывæзтæуыд Борæйы хæдзары! Æмæ йæм ссыди Хорæхæрзæ йæхæдæг æмæ йæ æркодта. Уæдæ иунæг удæн уыйас тын уафын æнцон у! Æгас хæдзары къул куы бацахста. Уал лæгæн дзы фæйнæ фæлысты уæддæр хъуамæ ма рацæуа! Æмæ йæ гуыбырæй бадын ныууагьта Уæртæмæн. — Нæ гæнахæн йæ дуар Нартыбæстæм арæзт у, — фес- къуыдта Фарнæджы хъуыдытæ Уæртæмæн. — Æмæ йæ дзæгъæлы не скодтой афтæ мæ фыдæлтæ. Æвæццæгæн æй нартыл фæдзæхстой сæ гæнахы. Æвæццæгæн æй хатыдтой — нартæм кæсы сæ фæстаг бындары фервæзын кæнын. — Æмæ уæд Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уым нæ райгуырдысты, уыцы гæнахы æмæ уым не схъомыл сты?! Фæлæ дын дзы зын куы уа, иу хæдзарæй цæрын зын у хъæды астæу. — Фæрнджын хæдзар дыууæ кæны. Нæ фыдæн нæ ба- дыууæ йæ хæдзар. Чи зоны, мæнмæ цы амонд кæсы! Уæд уымæй уæддæр балхæндзынæн мæ фыды зæрдæ мæрдтæм. Фарнæг лæууыди æмæ хъуыста. Фæндыди йæ, иунæгæй куыд цард, уый тыххæй истытæ куы радзурид, фæлæ ницы дзырдта уый тыххæй Уæртæмæн. Фæрсгæ та йæ нæ кодта — цы нæ вæййы, уæд та йæ исты æнкъард хъуьодыты баппæрста. — Цом уæдæ, цалынмæ нæ агурæг нæ рацыдысты, уæдмæ. Уæртæмæн базмæлыд йæ мидбынат. — Ды уал цу. Æз дæр дæ феййафын. — Бынæй дæм лæудзынæн, фæзы, — асинтыл фæуырдыг кодта Фарнæг. Цыди æмæ хъуыды кодта — æвæццæгæн ма кæсгæ кæны сæ гæнахмæ. Æндæр ад кæны райгуырæн къуым. Æмæ уыцы цæстыфæныкъуылд йæ цæстытыл ауад, гыццыл Хуро къутæры рæбын сæгуыты сæныккимæ хъæ- быс-хъæбыс куыд фынæй кодта, уый. * * * Хур Сынтбадæн хохы сæрмæ ссыд уæлиау, уым ныл- лæуыд æмæ йæ мидбынат куыройы фыдау сзылд — Ны- хасмæ цæуын афон уыди. Æмæ уынгтæ базмæлыдысты. 18 Хуыгаты Сергсй
274 Хуыгаты Сергей Лæгтæй алчи уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй хызти йæ дуарыл. Фыдæй-фыртмæ ахæм хъуыддаг нæма ’рцыди нарты Ныхасы — хъуыддаг уартæ кæд æмæ кæд алыг и æмæ, дам, æй нæуæгæй алыг кæнæм! Уæд цал лыджы фæчындæуы иу хъуыддаг?! Чи куыд хæццæ кодта, афтæ йæ бынат ардта — хистæртæ дуртæм цыдысты бадынмæ, кæстæртæ æддæдæр лæууыдысты. Цас фылдæр кодтой лæгтæ, уыйас æгуыппæгдæр кодта Ныхас. Фарнæг иуварс лæууыди. Ныхасмæ-иу чи æрбахызт, ууыл та-иу йæ цæст ахаста, фæлæ та-иу уайтагъд зæхмæ ’руагъта йæ цæстытæ. Лæгтæ цыдысты иуæй иннæ суцца ’мæ тызмæгдæрæй. Искæимæ куы лæууыдаид, уæд ын æнцондæр уыдаид, фæлæ йæм ничи цыди ’ввахс, æмæ йæхæдæг дæр кæмæ бацыдаид! Уæддæр та-иу схæцыди йæ сæрыл — искæмæ ’ввахс куы балæууид! Æмæ уæд фæцыди Уырызмæджы хъæр: — Хуыцау, цы хуыздæр уыдзæн, ууыл нæ бафтау! — цыма кувгæ кодта, уыйау йæ ныхас араугæ цыди Уырыз- мæгæн. Иннæ хистæртæ йæ алыварс бадгæ кодтой, уый лæууыди — бæрзонд, фæтæнуæхск, урсбоцъо — æмæ цæс- ты ахадыдта. — Нæ бар нæ кæрæдзийыл нæ цæуы, уый зонынхъом куыд уæм, æмæ ныл æрмæст дæ бар цæуы, уый куыд æмбарæм, уыцы тæразы нæ бафтау! Афтид бынат æмæ афтид ном куыд нæ уа не ’хсæн, ахæм ахъаз дæр нын ба- кæн! — Уырызмæг фæлæууыд йæ ныхасæй, арф ныуулæ- фыд, æмæ йæ уæнгтæ сæхиуыл схæцыдысты, йæ уæхсчытæ фæбæрзонддæр сгы. — Ныр цалдæр азы сæ бьшæттæ афтидæй джиуынц нæ дыууæ æнамонд кæстæрæн, сæ афтид нæмттæ нын æхсæв нæ хæдзæртты дуæрттæ хойынц, бон — нæ зæр- дæты дуæрттæ. Сæ фыдгæнд стыр уыди — цы йæ ’мбæх- сæм! Хъоды сыл сæ рæстæй нæ бакодтам, мыййаг. Фæлæ цы ’рцыди, уый æрцыди. Цы нæма ’рцыди, уымæй бахи- зæм нæхи — уый у сæ тæригъæд. Тæригъæд чи нæ зоны, тæригъæд уый фæдыл æфты — уый мæ ныхас нæу, нæ фыдæлты ныхас у. Æркæсæд уæ алчидæр йæ зæрдæйы рæбынмæ æмæ дзы хæрзæбонæй цы ссара, уый ма бавгъау кæнæд уыцы дыууæ мæгуырæн. Æниу, дыууæ нал сты, æртæ баисты кæмдæр, Хуыцауæй курæгау уæ курын — мад-фыды гæдзæ сын ныккæнут! Æмæ ныссабыр Ныхас.
Наргпы Фарнсег 275 Фарнæг тыхсти Ныхасы сабырæй — цалынмæ зæй нæ рацæ- уы, уæдмæ, зæй рацæуæны цы сабыр вæййы, уый хуызæн æм зынд. Йæ цæсты тигъ дардта фæйнæрдæм — кæмæ сæ куыд бахъарыд Уырызмæджы ныхас? Йæ зæрдæ ницæуыл лæу- уыд — ныммæстæг сты уыйæппæт лæгтæ, къонайы фæстæ цы цæджындз вæййы, уый куыд ныммæстаг вæййы, афтæ, æмæ уыцы мæстæгæй лæууыдысты цæджындзтау. Иуафон ацахста йæ цæсты тигъ Бырсæджы — уæлдæр лæууыди йе ’мгæрттæй Бырсæг, иппæрдæй гыццыл — æвæццæгæн, цæмæй дзæбæхдæр хъуса ныхæстæ. Йæ цæстытæ уымæн зæхмæ уагъд нæ уыдысты иннæтау, фæлæ сæ комкоммæ Уырызмæгмæ ныццавта. Æмæ та базмæлыд Уырызмæгæн йæ боцъо, æмæ та араугæ рацыди йæ ныхас: — Зæгъут, мæ хуртæ, Ныхас ныхасæй фидауы. Æцæг уæ уый курæг дæн — тагъд мачи бакæнæд йæ дзуринагыл, цалынмæ йын йæ сæр дæр фена æмæ йæ бын дæр, уæдмæ уал ын йæ зæгъыныл фæхъæцыд. Уæззау хъуыддагæн рæуæг цъыччытæй алыг кæнæн нæй. Æмæ уæд базмæлыд Бырсæг. Фыццаг йæ арцы къуыр- ма кæронæй зæхх æркъуырдта — уый та йæм æгъдау уыди Бырсæгмæ: дуармæ дæр йæ арц йæ къухы хаста, стæй схæцыд йæ арцыл æмæ йæ мидбынат азылд, зылди æмæ йæ сæр гыццыл æртхъирæнгæнæджы тылд кодта. Зылд куы фæци ’мæ куы ’рлæууыд, уæд фæцыд йæ хъæр: — Фарн бадзурæд нæ хистæртæм! Фарн уæд Нарты стыр Ныхасы! Æниу дзы афтæмæй цæй фарн уыдзæн, нæ зонын. Фыдæй-фыртмæ цы фидар æгъдау баззад нартæн, азты тымыгъы хъис-æрду кæмæй нæ ахауд, уый абон нæ къæхты бынмæ ’рæппæрстам, уæлхæдзарæй æрчъиаджы хус куыд æрæппарай, афтæ, балæгæрстам ыл æмæ йæ сул- тъытæ кæнæм. Цы лæг, йæ мондæгтыл фæстæмæ ’рхæца, уый хъом нæу, уыцы лæгмæ мæнмæ тæригъæд нæй, уый мæм не ’хсæн цæра, уый аккаг нæ кæсы, цыфæнды зонд æмæ хъаруйы хицау фестæд! Æмæ ма æниу цы цæсгомæй æрбацæуид не ’хсæнмæ йæхæдæг?! Цы цæсгомæй æрба- дид немæ фынгыл, цы цæсгомæй балæууид мæсæлыгæн- джытимæ искæй дуармæ, и?! — Бырсæг йæ арцыл схæцыд, зæхх та дзы æркъуырдзæн, афтæ зынд, фæлæ нæй, нæ дзы æркъуырдта зæхх — йæ уæхсчы сæрты дзы ацамыдта фæстæмæ. — Стæй та нæ уалæ нæ дард рæздарæнтæм куы
276 Хуыгаты Сергей бахъæуа цæуын, уæд ма нæ рæгъаугæстæй нæ рæгъæут- тæм равдæлдзæни искæй?! Ай фыдми сын фæзминагæн нæ баззайдзæн?! Цæмæй ма тæрсой — ис а зæххыл тæ- ригъæд, фæтæригъæд кæндзысты уыдонæн дæр. Ныр та дæ фарсмæ нымæты бын уый хуызæн къуыдыр чызг, æмæ йæм азил де ’ргом. Стæй хъуамæ фæззæджы рæздарæнтæй нæ рæгъæутгы фæстæ нæ сылыстæг къуыппытæй здæха! Уо, стыр Хуыцау, дæ быны куы стæм, уæд ма нæм цæмæ кæ- сыс — дæ судзгæ цæхæр ныл куыд нæ ракалыс, цæмæй дзы цъыбырттысыгъд бауæм: æгъдау æгьдау кæм нал у, уым ма цард цæмæн у?! — æмæ та йæ арцы къуырма кæ- ронæй æркъуырдта зæхх Бырсæг, стæй фæстæдæр алæу- уыд гыццыл. Бырсæг цы зæгъдзæн, уый зыдта Фарнæг — Бырсæг хатыр йæхицæн дæр нæ зоны, фæлæ ныр чи зæгъдзæн, цы зæгъдзæн? Уымæй аразгæ уыд, кæд иууыл нæ, уæд — бирæ. Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ йæ цæсты тигъ æрхæ- цыд Кæнтыл — уæртæ лæууы йæ гуыбыр лæудæй, æмæ комкоммæ кæсы Уырызмæгмæ, æмæ йæм йæ зæрдæ фех- сайдта — дзурынвæнд ма скæна! Æмæ цы хъуамæ дзура Кæнт? Цы дзуринаг ис Кæнты?! Æмæ йæм аздæхта йе ’ргом Фарнæг. Раст уыцы рæстæджы фехъуыст йæ ихсыд æмæ фæсус хъæлæс Кæнтæн: — Сапыдоны был уыдтæн ацдзуаны. Ныр уыдтæн ацдзуа- ны ’мæ, — уым фæлæууыди Кæнт, фæйнæрдæм аракæс- бакæс кодта. Фарнæджы куы суыдта, уæд ыл йæ цæстытæ æрхаста, æмæ та райхъуысти йæ хъæлæс: — Ныр ацц — хæрх, фæлæ мæ фатыл цыдæр мæ куыдзы туг ныккалди — иуыл дзы не ’мбæлы. Ныхъхъавын, ныхъхъавын, аскъæ- рын фат æмæ... — Уый фыны? — фæрсы йæ чидæр хъæрæй дæле, кæстæртырдыгæй. Кæнт та фæлæууыд йæ ныхасæй, гыццыл алæууыд æмæ бабустæ кодта: — Фыны уæдæ йеды! Æмæ ма-иу лæджы дзурын бауа- дзут, йæ хъæлæсы-иу ма фæныхсут фæлæ! — Стæй та аз- дæхти йæ ныхасмæ: — Нæй, ивгъуыйын. Уалынмæ дын кæсын æмæ дын фат нал, фæлæ мæ лæдзæг куы фестид мæ къухы, мæнæ мæ саджил лæдзæг. — Йæ лæдзæджы саджил йæ дæлармæй рафтыдта, хæрдмæ йыл схæцыд æмæ йæ адæм-
Нарты Фарнæг 277 мæ равдыста, цыма сæм дзуар æвдыста, уыйау. — Уыцы рæстæджы кæсын æмæ дын уартæ доны уæлцъарыл иу стыр ацц æрленк кæны. Æз æм мæ лæдзæгæй бавнæлдтон — æркъуырон æй лæдзæгæй æмæ йæ былмæ раппарон. Уæд ацц нал, фæлæ уыцы мæгуыр чызг донæй йæ сæр куы сдарид æмæ мын мæ лæдзæг куы рацахсид. Æмæ мæм дзуры уыцы ран, — дæ сæр, дам, мæ бахъуыд, дон, дам, мæ ласдзæн, æмæ дам, мын баххуыс кæн. Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Куыд дын, зæгъын, баххуыс кæнон, ды хъодыгонд куы дæ, уæд ма искуы хъодыгондæн æххуысгæнгæ федтай?! Æмæ та мæм дзуры донæй уæд: нал, дам, дæн хъодыгонд. Хуыцау, дам, мæ сраст кодта. Уымæн, æмæ, дам, мыл цы ’рцыди, уый, дам, мыл Хуыцауы фæндæй æрцыди. Хуыцауы, дам, фæндыди афтæ. — Стæй йæ дон нæ ласта, демæ куы ныхас кодта, уæд? Æви дон йæ цæуынæй ныллæуыди, Сагтыдон?! — æрбап- пæрста та йæм чидæр йæ ныхас кæстæртæй. Бæрæг уыди — цыдæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы фынæй. Æмæ йæхи фæпыхс кодта Кæнт: — Дон дæ фæласæд, куы ма мæ ныууадзай, уæд, уый дын дон æмæ къуымæл. Уæдæ фын уыди, фын, æмæ фынæн йæ ном йæ уæлæ ис! — дзургæ-дзурын Кæнт фæстæмæ аздæхт хистæртырдæм. — Уалынмæ дын кæсын æмæ дын уæлæ Еугуыпп æрленк кæны. Ныр афтæ ленк кæны, æмæ кæф ницы уыд уый цур, кæф! Чызгмæ дæр æрхæццæ и Еугуыпп, Сагтыдон дæр фурд фестади. Ахæм уылæнтæ рахаста, ахæм, æмæ сыл цæст не ’ххæсти. Афтæмæй дзы иу стыр уылæн рацыди, рацыди, Хуыцау уын хорз ракæна, лæг æмæ чызг кæмдæриддæр уыдысты, уыцы ран йæ дзæхст фæцыди æмæ никуал фæзынд сæ кой-сæ хъæр лæгæн æмæ чызгæн. Мæ лæдзæг дæр мын афардæг кодтой семæ. — Кæд федтай уыцы фын? — цыдæр разæнгардæй ра- дзырдта Уырызмæг Кæнтмæ. — Кæд, куы зæгъай, уæд дысон нæ, фæлæ æндæрæхсæв. — Æмæ цы амоны дæумæ гæсгæ дæ фын, цæй хынцмæ йæ радзырдтай? — Дон цардмæ цæуы. Фыны доны ныххаудтæ, уæд царды бахаудтæ. Æмæ дон дæр доны хуызæн уыди! Саг- тыдон дæр нал, фæлæ — фурд! Æмæ йæ цардмæ раздахын хъæуы — уый нын Хуыцау амоны йæ бæрзонд бадæнæй
278 Хуыгаты Сергей уалæ! — йæ лæдзæгыл уæлæмæ схæцыд, арвмæ йæ ныд- дардта. Фарнæгмæ бынтон фыны хуызæн нæ зынд Кæнты фын, æмæ хъуыдытыл фæци — мысгæ йæ æркодтаид æмæ йæ куыд æрымысыдаид? Стæй йæ цæмæн бахъуыд, æрымыса йæ, уый сæр? Кæд уый фарс рахæцынмæ хъавыд, Фар- нæджы, иухатт æй Елтагъанимæ бирæгътæй кæй байста, уый тыххæй? Æмæ йын уæд та æгæр у афтæ æвиппайды æрымысынæн. Уæдæ ма уæд фынтæ халын йеддæмæ цæ- мæдæрты арæхсы, æмæ уый зæгъа! Раст ын уæд йæ цонгмæ бавнæлдта Фарнæгæн Æхсæртæггаты Гæккуыр — тымбылуæхск æмæ саубоцъо лæппу-лæг, æмæ йæм дзуры уым Фарнæгмæ: — Цымæ, цæуыл æхсызгон улæфтытæ кæныс ныр? Дæ дзыхæй дзуры уæртæ уыцы къæдзой, уый æмбарынхъом никæмæн дæ махæй? Фарнæг æм бакасти — Гæккуыры боцъо рызт фæткуыл мæсты нæ уыди. Æмæ фæфæнд кодта Фарнæг: йæхи фæтылиф кæна Гæккуыримæ æргом ныхасæй. Фæлæ йын йæ цонгыл фидар хæцыди Гæккуыр, æмæ йæм уæд баху- дæгау кодта. — Искæй дзыхæй дзурæн дæр ис? — Куыд нæ ис — уæдæ уый цы у?! — Æмæ уæд фын дæр, æвæццæгæн, æз федтон, йе та дыууæйæ иумæ федтам иу фын Кæнтимæ. — Уый фын дæр нæ федта ’мæ хæрæджы сæфтæг дæр. Уæртæ йæ лæугæ-лæууын æрбаймысыд. Нæ йын хъусыс йæ ам цæф-уым цæф ныхæстæм! Фурды уылæнты раленк кодта Еугуыпп! О, æнæ раленкгæнгæ фæуа Еугуыпп, йæ гуыпп нал уромы ’мæ. — Гыццыл фæлæууыди Гæккуыр, фæйнæрдæм мæсты ракæс-бакæс акодта, æмæ та ныззылди Кæнты ’рдæм. — Уæд йæ ингæнбарæн фæуæд йæ лæдзæг, кæд ын æй нæ аскъæфтой, уæд! Ныр уымæн хистæры аргъуц ма кæн æмæ йын йæ донгæмттæ афад! — Æгæр мæсты йæм не сдæ, уо Гæккуыр? — Дæумæ дæр цъусдæр мæсты нæ дæн, ма тæрс. Фæлæ мын цыдæр хæйрæджытæ мæ дзых ныббæттынц, æмæ дæм дзурын нал сфæразын. — Æнæуи йæ зонын — адон дæ цæвæджылæхтæ сты иууылдæр. — Цæмæй йæ зоныс?
Нарты Фарнсег 279 — Уæдæ æндæр кæй хъуыдыйы æрцыдаид — уыцы æнаккæгтæн ныххатыр кæнæм?! Уый де ’рхъуыды у. Дæуæн арвы хъугау бæрæг фæдары де ’рхъуыды. — Цæмæй мын фæдары бæрæг ме ’рхъуыды? — Ие ’нæрхъуыдыйæ, æндæр цæмæй! — Гæккуыр Фарнæджы цонг суагъта æмæ йæ даргъ цæнгтæ йæ рæзты иуырдæм ахъеллау кодта, иннæрдæм сæ ’рбахъеллау кодта æмæ дзырдта Фарнæджы фæзмæгау: — бырсгæ ма кæнæм, ныхас бакæнæм, стæры ма цæуæм, хорзы бацæуæм! — Стæй раст алæууыд, æмæ йæ дæндæгтæ æнæрвæссон зыхъхъыр фесты. — Уæд нæртон лæджы ныхæстæ сты уыдон! Дæумæ байхъус, уæд нартæ нартæ нал уаиккой, æндæр адæм сæ рауаид. Æмæ æндæр адæмтæ æнæуи дæр бирæ и зæххыл. Ныртæккæ размæ ахиздзæн Гæккуыр — йæ маст чи нын- ныхъуыра, ахæм лæг куы нæ у, исты, æмæ лæсæн куыд раскъуыйы æмæ уый куыд анцайы дæлæмæ, коммæ, афтæ анцайдзæни Ныхас дæр, æмæ йæ марадз бауром стæй. Бæргæ куы сæ фæуид йæ разæй исчи, йæ зæрдæ кæуыл дары, уыдонæй. Фæлæ — нæй. Æвæццæгæн, ничи хæссы йæ ныфс — æнцон нæу, нæ, уыцы стыр фыдгæнды фарс æрлæууын. Æмæ йæм йæхи ныхас куы байхъуысид, цыма йæм искæй ныхас байхъуыст, уыйау: — Гъомæ уыдон — гъа! Уыдон хъодыгонд сты, хъодыгон- ды фаг хъизæмар нæй зæххыл — афтæ дзурджытæ дæр ис. Фæлæ цы уыдзысты Хуро æмæ Хæзна! Кад æмæ ра- дæй куы фæцардысты нарты стыр уæзæгыл, уæд не ’хсæн сæ къонайы куы ныххорз уа сæ арт, уæд ма махæй алчи цы цæсгомæй æрбаддзæни йæ хъарм къонайы фарсмæ! Сæ дзыхыл сын доны къус бадарæг куы нæ уа, уæд афтæмæй куыд тондзысты сæ зæрыбонтæ?! Æмæ мæм иу хъуыды æрцæуы: ныр махæй исчи Тыхылы ран куы уаид, уæд цымæ Тыхыл дæр афтæ хъа-хъа кæнид? Сæ дуарыл ын рахизæн куы нæ уаид — сæ ердойы хуынкъæй не слæсид æмæ йæ уæлхъус нæ балæууид, зыны нæ чи бахауид, уымæн?! Фарнæг фæлæууыд. Ныхас уыд æдзæм, æмæ йæ уый фæлæууын кодта — æдзæм. Æниу æй дзурын дæр уыцы æдзæм скæнын кодта. Зæгъид ма истытæ, фæлæ искæмæ- ты хъыг куы фæкæса йæ ныхас, ома, цы ралæг кæныс алыхатт дæхи, дæу йеддæмæ дæр ма исчи зоны Хуро æмæ Хæзнайы мæт кæнын. Æмæ раст уæд йæ цæстытæ æрхæ-
280 Хуыгаты Сергей цыдысты Елтарыл — уартæ Ныхасæн йæ фаллаг кæрон зæхмæ ныккаст, афтæмæй йæхиуыл рахæцыди размæ. Æмæ дисыл бафтыди Фарнæг: никуы федта адæмы ’хсæн размæ ралæугæ Елтары. Æмæ цымæ цы зæгъинаг у ныр? — Гыццыжæ ма уыдысты, сывæллæттæ кæрæдзийы зæр- дæтæм куы ныккастысты, уæд. Æмæ уым кæрæдзийы зæрдæты сæ кæрæдзийы федтой. Уæдæй фæстæмæ нал кастысты кæ- рæдзимæ — нал фæрæзтой кæрæдзимæ кæсын, рухсдзаст код- той кæрæдзийы уындæй. Æмæ æнахуыр тас равзæрди сæ зæр- дæты — иуæй тæрсгæ кодтой кæрæдзийы уындæй, иннæмæй сæ кæрæдзимæ ’лвæста уыцы тас. Æмæ сыл суцца ’фтыди бонæй-бонмæ æмæ знæт. Афтæмæй сыл уыцы стыр хæххон уæлвæзы иу нымæты бынмæ куы ’ркæсид арвæй мæй. Æмæ сæ æрвон дунемæ систа зæххæй уыцы мæйы ’ркаст, зæхх йæ хъизæмæртгæ ’мæ йæ фыдæбæттæимæ кæмдæр æнæраны ран аззад. Фарнæг æм кæсгæйæ баззади Елтармæ: ай кадæггæнæг куы басгуыхт! Уыдæтгæ дзурыны æнхъæл чи уыди хуылыдзæй ивæзты хуызæн Елтарæн! Иу хохæй иннæ хохмæ милмæ иста тæрхъус — уый зыдта, фæлæ мæнæ афтæтæ зæгъа — нæ, уый æнхъæл ын нæ уыд. Æмæ йæм раст уæд йæ къух фæхъил кодта Гæккуыр. — Æгъгъæд у, хорз зарыс, фæлæ кæйдæр зарæг у уый. Кæйдæр зарæгимæ кæй райдыдтай Ныхасмæ цæуын, уый дæ сафдзæн, зон æй. — Хатыр, Гæккуыр, фæлæ нæ зæгъыс раст, — йæ ныхас фескъуыдта Елтар æмæ Гæккуырмæ аздæхт. — Зарæг у, хъарæг у — сыгъдæгæй мæхи зæрдæйæ рафтыд. — Дæ былтæ дын ма басудзæд — дæхи зæрдæйæ раф- тыд! Цыма йæ мах нæ зонæм, кæй зæрдæйæ рафтыд, уый. — Мæ дзых дæм не суадздзынæн — зоныс æй, æмæ мæ ссæндыс ай æппæт къæхтыбын. Ууыл фæци сæ ныхас. Исдуг фæсабыр сты адæм, стæй, тæрккъæвда куыд ныссæх-сæх кæна, афтæ нызмæлыдыс- ты, ныддæлæ-уæлæ сты. Лæугæ чи кодта, уыдон бакъорд- тæ сты иумæты; бадгæ чи кодта, уыдон багуыбыр сты кæ- рæдзимæ, афтæмæй быцæу ныхас кæнынц, кæрæдзийæн ныхасы бар нæ дæттынц, сæ даргъ къухтæ ныттилынц, сæ цæсгæмттæ бахæссынц кæрæдзимæ хæстæг, сæ кæрæдзи- йыл акъуырынц сæ былтæ.
Наргпы Фарнæг 281 Уырызмæг лæууы рæбынæй уартæ, йæ къухтæ ’ддæг- мидæг атъыста æмæ сæ афтæ кæрæдзийыл хæстæй йæ ронбастмæ æруагъта, йæ цæстæнгас уæлæты, адæмы сæр- ты — кæдæмдæр, дардмæ цыма кæсы, афтæ. Фæлæ уартæ базмæлыдысты йæ цæстытæ, стæй фæхицæн сты кæрæ- дзийæ йæ къухтæ, уæлæмæ сыл схæцыди, йæ дыууæ къу- хыл иумæ, цыма бæгæныйы кæхц уыди йæ къухты æмæ та араугæ рацыди йæ ныхас: — Гъа, ныр зæгъут — кæмæ уæ цы дзæбæх зонд æрцыди? Афон у — хур уалæ арвы астæумæ схæццæ. Сагахс лæууыд Фарнæгæй цъус дæлдæр. Йæ сæрыл схæцыди Уырызмæджы ныхасмæ, йæ тьæпæн арм йæ риумæ схаста æмæ раздæр балæууыд гыццыл. — Нæ хистæртæ, фæрнæй нæ уæле бадут! Нæртон Уырызмæг, ма дын уæд фæцудæн. Абон нæ цы хæрзæбон агурыс, нæ зæрдæты рæбынтæм нæ кæмæ кæсын кæныс, уый йæ зæрдæйы рæбын махæй Хуыцау раздæр федта — табу стыр Хуыцауæн! — æмæ йæ мæнæ Кæнтæн йæ цæсты- тыл бабаста йæ фыны. Ныр ма махæн баззади ацы стыр Ныхасы, Хуыцауы фæндыл нæ фæнд куыд бамбæла, афтæ йæ хъæрæй зæгъæм: — Хатыр сын уæд! Сагахсы хъæлæс фескъуыд, æмæ фæсабыр Ныхас æгасæй, хъыпп-сыпп дзы никуыцæй- уал цыд. Фарнæджы ныхыл сур- хид абадт, сæвнæлдта йæм йæ армæй æмæ йæ цæсты зулæй бакасти Гæккуырмæ. Гæккуыры цæсгом тархъулæтгæ кодта, афтæмæй Сагахсмæ сарæзта йæ цæстытæ, æмæ йæ былтæ ’хсыдта. Фæлæ уæдмæ Уырызмæг йæ рахиз армыл рахæцыди размæ, цыма йæ искæй фидар уæхскыл æрæвæрынмæ хъавыд, æмæ йæ фæдыл радзырдта, мæнæ ’рдæбон Ныхас йæ дзол- гъо-молгьойæ кæмæй фæлæууыд, уыцы табуйаг ныхас: — Хатыр сын уæд! Æмæ та гыццыл фæхъус и Ныхас, цалынмæ хистæртæй алчи йæ бадæнæй стад, кæстæртæй йæ риуыдзаг улæфыд алчи, уæдмæ, стæй цыма «оммен» хъæр кодтой, уыйау баиу сты сæ хъæлæстæ хистæрæй — кæстæрæй æмæ нартæй чынтæм ацыди нæргæ: — Хатыр сын уæд!.. Уырызмæджы къух ма цасдæр афтæ размæ тынгæй аззад, стæй йыл æрбахæцыд йæхимæ æмæ йæ йæ боцьойыл æруагъта.
282 Хуыгаты Сергей 18 Еугуыпп — кæлдымы хуызæн лæг — хæдзары астæу лæууыд æмæ дзырдта Хорæхæрзæйæн: — Ды фарны къах æрбавæрдтай Борæты хæдзармæ æмæ афтæ ма зæгъ — ничи йæ зоны. Акæс-ма кæддæра куыд æрцард хæдзар. Уас сызгъæрин фестæд де ’рцæуæн бон! Уæ чындзæхсæвæй нæма ’рсабыр и хæдзар æмæ — аллай- биллай нæуæгæй. Кæд уæхи лæппу нæу Уæртæмæн — æмæ уæхи лæппу дæр цæмæннæ у, цæ! Бæртæлæг кæм и, уым сызгъæрин талатæ суадзæд, хъæбулты хъомыл куы фæ- кодта Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы. Уæд уый байзæддаг исчи у хæдзарæн! Æмæ йын кæд дæрдтыл нæ ныззылдтат йæ чындзæхсæв, уæддæр дзæбæх чындзæхсæв уыд. Хъæуваг, хæрыны чындзæхсæв. Уымæй нæма æрæнцадысты къуымтæ, уыцы змæлдæй æмæ бæстæ ныддæлæ-уæлæ кодта. Мæ уд йæ цæуæнты фæхъхъау фæуа — уымæн хъуамæ йæ чындзæхсæвы нæ сæртыл слæууиккам. Чи зоны, исчи афтæ зæгъа — де }дде йын йе ’фсымæры чызджы фервæ- зын кодта фыдæххæссæй æмæ уымæн афтæтæ дзуры. Фæлæ æз уымæн нæ дзурын афтæ. Æз уымæн дзурын æмæ уый не ’ннæтау йæ къух хъилæй нæ дары. Лæбурыны ’рдæм арæзт нæу йæ зонд, фæлæ фидауыны ’рдæм. Æмæ уый у нæ фæстаджы зонд, æмæ ууыл хæцын хъæуы. Гъеныр Уæнмæ кæсын æмæ цыма уый дæр бахъав-бахъав кæны — ма ныз- зыбар-зыбур кæна! Дæ хъус ма йæм æрдар, кæддæра ма уыцы фæндыр йæ къухæй зæхмæ уадзы. Æмæ дзы куыд ныццæгъды, уый та! Дæттæй, мæ туг ныккæла! Хорæхæрзæ уырдыг лæууыд, нæуæг чындз куыд фæлæууы, афтæ — бæрзонд, гуырвидауц. Йæ рæсугъд мыдгъуыз цæстытæй царды цин ивылд. Фарнæджы нымæт йæ разы тæр- хæгыл дæлгоммæ фæддæхт уыд, нымæтхафæн ыл æруадзын хъуыд, йæ хъуын куыд сыста нымæтæн, афтæ. Фæлæ йыл куыд æруагътаид, лæг йæ уæлхъус куы лæууыд, уæд! Аф- тæмæй йæ не ’вдæлди, йæ гæрстæ йын цæтгæ нæма уыдысты Фарнæгæн. Ноджы йын дзæбæх не стад нымæтæн йæ хъуын, æмæ тыхсти Хорæхæрзæ — кæд сын æгæр хъæбæр уæрст фæци нымæт. Гыццыл æй фæлмæндæр уæрдын хъуыди кæд? Фæлæ къуымбил уæргъуын уыди æмæ йæ уымæн афтæ бауæрстой хъæбæр.
Нарты Фарнæг 283 Еугуыпп йæ мидбынаты æрзылди æмæ йæ ных дуармæ сарæзта. — Æмæ, æзын, арфæ ракæнон, уый тыххæй æрбахызтæн мидæмæ — арфæ мидæг чындæуы. Гъемæ ахæм къах æр- бавæрæд азырон а къонамæ æмæ Фарнæгæн Нарты ’хсæн цы кад æмæ цы рад и, уыдоныл авд ахæмы куыд бафта! — стæй дуар парахат айтыгъта Еугуыпп æмæ къæсæрыл æд- дæмæ ахызт. Дуар гомæй баззад. Хур комкоммæ касти æмæ дуары фæлгæт цы бахаста, уыйас тын банывæста хур — цыма йын тæрвæзтæ тыныхъæдтæ уыдысты — уартæ йæ рæби- наг къулмæ бирæ нал хъуыд тыны. Æмæ йыл хуры тынтæ алыгъуыз лыстæг æртытæ ссыгътой æмæ хъазыдысты уыцы æртытæ тыныл кæрæй-кæронмæ. Уæд гом дуарыл фæмидæг и Тыхыл, йæ мидæг ахызт тынæн, тын апырх и ’мæ йын йæ пырхæнтæ йæ уæхсчытыл бахаста. Фæлæ та тын фæстæмæ аныхæсти æмæ та хурмæ схъазыд. Фæндаггон арæзт уыд Тыхыл, афтæмæй йæ цæнгтыл йæ дыстæ арф счъил уыдысты, мидæмæ. Æмæ йæм йæ сабыр фæлмæн цæстытæй фæлмæн каст бакодта Хорæхæрзæ. — Мæ удæнцой, Хорæхæрзæ — уый дæ Фарнæг фæхоны афтæ ’мæ дæ мæн дæр афтæ фæнды хонын. — Схæцыд æмæ ссыгъди уæлкъæсæры дур. Уый Борæйы фарн базза- ди йæ кæстæртæн, йæ рухс фарн. — Æмæ, дам, раджы куы басыгъд уыцы дур, куы, дам, фæци йæ тых, — Хорæхæрзæ нымæтмæ аздæхта йе ’ргом. Æрлæгьзытæ ма йæ кодта, йæ уæхсчытæй йыл хæрдмæ схæцыд, æмæ йæ фæсдуар саджы сыкъатыл ацауыгъта, стæй сæвнæлдта ’мæ йæ сæрыл цы хызбыд кæлмæрзæн уыд, уый барæстытæ кодта. — Æмæ ма уæд дæуæн куыд схæ- цыди, уо мæнæ лæппу? — Нæ, уымæн нæй басудзæн. Нæй уый тыхæн фæуæн. Уый мьптагмæ хъуамæ судза. Фæсхурныгуылд-иу схæцдзæн æмæ судздзæн, цалынмæ сæумæ æссæ кæнын нæ райдайа, уæдмæ, стæй-иу йæхæдæг æрнуæрддзæн йæ рухс йæ хуылфы, къонайы цæхæр куыд бануæрдынц, афтæ. Йæ быны цы æрттигътæ уыд, уыдон баихсыдысты, сæ удыртау фæци. Æз уыдон рафтыдтон æмæ сын сæ бынæтты нæуæг æртгигътæ бакодтон, сыгъдæг болат æртгигътæ. Ныр судздзæн, цæмæй Борæйæн йæ кæстæртæ йæ бынты тыннывæндæгау
284 Хуыгаты Сергей кæной дыууæрдæм æмæ сæ йæ къах мачи мацæуыл скъуыра, цæмæй йын бæлццæттæ дардмæ уыной йæ рухс æмæ йæм фæндæгтæ къæртт кæной фæйнæрдыгæй. Хуыздæр ма цы фæуа уымæй! Æмæ ныззылди Борæты зæронд хæдзар Хорæхæрзæйы цæстыты раз уæд, æмæ джихæй баззад сылгоймаг — цы уа?! Фæлæ йæ уайтагъд бамбæрста — йæ зæрдæйы рæбын базмæлыди цард, нæуæг цард, цыма Тыхылы ныхасмæ æнхъæлмæ касти, уыйау, æмæ йæ уадултæ сырхæй-сырхдæр куыд кæнынц, уый бафиппайдта, æмæ сæ йе ’рмттæй бам- бæрзта йæ уадултæ. Стæй хъусыныл фæци йæ зæрдæйы рæбынмæ — куы та базмæлид, куы! Йæхæдæг цыма ницы ’рцыди, афтæ загъта: — Рæхджыбон уыцы рухс къæсæрыл æрбахиздзæн нæ- уæг чындз. Уадз рухс къæсæрыл æрбахиза æмæ рухс цар- дæй бафсæда. — Мæнæн мæ хо уыдзæни уый, мæ буцдаринаг хо, æмæ нæ бацауæрддзынæн мæхиуыл. Мæ удыбонтæй йæ куы хъæуа, уæддæр сыл нæ фæхæцдзынæн фæстæмæ. — Дæ удыбонтæ Хуыцауы фæдзæхст уæд, фæлæ æз, сымах куы æрыздæхтыстут, уæдæй нырмæ, зынг цы Хуы- цау радта адæмæн, уыцы Хуыцаумæ фæкувын, сызгьæрин тæбæгътæй йæм фæкуывдæуа! Уæ арты тæфæй уæ куы нæ базыдтаид Арци, æмæ йæ нæ лæппуйæн куы нæ загътаид, уæд нырма дæр кæм стут, уый нæма зыдтаиккам, æмæ цы сымах уыдаиккат уæхæдæг уыцы айнæджы дæллагхъуыр, цы уæ зæрæдтæ уыдаиккой æнæ сымах. Æниу уæ зæрæдтæ цæмæн — æнæхъæн хъæу куы сфидыдта сымахæй! — Æгæр нæ ’ппæлыс, уо Хорæхæрзæ! Хъæу махæй не сфидыдта, нæ — æртæ хъæуы сфидыдтой уæд, уыцы уæззау æгъдауыл куы схæцыдысты сæ фæсонтæй, цæмæй йæ бынты ралæсæн зыхъхъыр фæзына. Куыд æй æрхъуыдычынд, кæй зонды ’рыфтыд уыцы фыдтыфыд æмæ хъизæмæртты хъизæмардæр — хъоды?! Афтæ смæсты у де ’мдзыллæйæ искæмæ æмæ йын уыйас бауарзæд дæ цæст! Æвæццæгæн уарзтæй ницуал баззади йæ риуы æмæ йын байдзаг и æнæуынонæй йæ риу. Æндæр афтæ адæмæй фæиппæрд кæн лæджы — йæ уидæгтæ йын атæхын кæн сурæй! Æмæ- иу уад куы сыстад, уæд-иу цин кодтон йæ къуыс-къуысыл, айнæджы фахсыл-иу йæхи куы хоста, уæд-иу мæхи æууæндын
Нарты Фарнæг 285 кодтон, мемæ ныхас кæны, ууыл, æмæ-иу дзырдтон æз дæр йæ футтытæм мæхимидæг цыдæртæ. Стæй-иу куы фæлæу- уыд йæ къуыс-къуысæй, уæд-иу мæ, ма сæрра уон, уымæ бирæ нал хъуыд. Уазалæн ис фæразæн, стонгæн ис быхсæн, фæлæ æнæ адæм — куыд ис цæрæн æнæ адæм зæххыл?! — Уым фестъæлфыд Тыхыл йæ бæрзæйы нуæрттæ фæ- тынг сты, йæ сæр дзæбидыры сæрау абадти бæрзонд, — ны- хæстыл дæ ныддардтон, нæ дæ ’вдæлы, афтæмæй... Æмæ æниу мæхи æвдæлы! Фæлæ нырма нæ бафсæстæн ныха- сæй, хъæддзау лæгæн хæрдæй куыд нæуал вæййы бафсис, афтæ мæнæн дæр ныхасæй бафсис нал и. Хорæхæрзæ лæууыд, йæ галиу арм йæ уадулыл фæл- дæхт, йæ рахиз арм йæ зæрдæйы бын басабыр. — Ныхасæй дæр бафсæд æмæ цардæй дæр, фæлæ цæйнæфæлтау фæндагыл тагъд кæнат, фæлтау бынаты ба- тагъд кæнут, ам. Уæ фæндаг дард фæндаг у æмæ дард фæндагыл тагъд кæнын нæ бæззы. — Бæгуы хорз æй нæ загътай — дард фæндагыл тагъд кæнын нæ бæззы! Стæй ма дзы уый дæр ис æмæ хъуамæ Хæзмыбыдыры Арцийы чындзхæсджытимæ сиу уæм æмæ нæм хъуамæ ма кæсой æнхъæлмæ — худинаг у уый. Уæдæ сæ цæуон æмæ базмæлын кæнон. — Æмæ та хур цы тын нывæста дуары тæрвазыл, уымæй гæппæлтæ ахаста йæ уæхсчытыл Тыхыл. * * * Уæд комкоммæ Хуротæм ацыди Фарнæг. Йемæ уыд Сагахс дæр, стæй ма иннæтæй дæр чидæртæ. Хуро æмæ йæ бинойнаг Хæзнайы къонайы фæйнæ фарс сæ зонгуы- тыл лæугæ ныййæфтой. Хуройæн йæ боцъо зæхмæ ’ххæст. Хæзна йæ хъуыры æгънæджытæ суагъта, йæ æрмттæ йæ дæллагхъуыр бакодта, йæ цæсгом цармæ сарæзта æмæ бан- дзыг афтæмæй. Къонайы арт нал уыд, æвæццæгæн раджы æрлæууыдысты сæ зонгуытыл æмæ сæ, артыл суг баппара, уымæ никæй æвдæлд. Лæппутæ дæр æрлæууыдысты къонайы алыварс сæ зон- гуытыл. Æмæ лæууыдысты афтæ ’дзæмæй. Стæй базмæ- лыд Фарнæг. — Табу дæуæн, уо Стыр Хуыцау! Уæд мын ды баца- мыдтай — нæ мæсыгмæ мæ хъуыд фæцæуын. Мæ зæр-
286 Хуыгаты Сергей дæйы фæдис уыди, æмæ фæдис мæсыджы сæрæй фæ- чындæуы хъæр кæнын. Æмæ мын мæсыг бацамыдта Уырызмæджы хæдзар, стæй йæхæдæг басгуыхти мæсыг Уырызмæг. Хуро йæ цæстытæ хæрз цъынд ныккодта — æнкъард æнгæс æвдыстой тынг йæ цæстытæ хæрз цъындæй. Иæ рахиз къухы æнгуылдзтæ йæ боцъойы цыдæр агурæгау хæрдмæ-уырдыгмæ кодтой. — Стæй? — йæ цæстыты уæлтъыфæлттыл схæцыд, фæлæ кæсгæ нæ ракодта уæддæр Хуро. — Стæй Нарты сæр Уырызмæджы фæрнджын хъæлæс нæргæ ацыд нарты стыр Ныхасыл, сæ зæрдæты дуæрттæ сын ныххоста нарты гуыппырсартæн. — Æмæ? — Æмæ алыг кодта нарты стыр Ныхас — ист æрцæуæд йæ хъодыйы гакк йе ’ккойæ Тыхылæн. — Стæй цы хъуамæ фæуа уыцы хъодыйы гакк? Дæ фæсдуарæй дæ бырæттæ куыд аппарай, афтæ йæ нæ ап- пардзынæ уый. Адæмы цæст уынаг у... — Æмæ йæ ’ппаргæ ничи никуыдæм кæны — уыди мæ нал и. Уый царды æгъдау у: вæййы, стæй нал вæййы. — Йæ фыдгæнд та? — Йæ фыдгæнд ын æрцыди хатыр. — Цæмæн? — йæ цæстытæ фæтæпп кодтой Хуройæн æмæ йæм кæсгæйæ аззади Фарнæг. — Цæмæй йæ къонайы ма ныххорз уа й’ арт, цæмæй фæдисы хъæр куы фæцæуа, уæд уарийау фæцæйтæха нæ разæй, уырдыг нын балæууа нæ даргъ бадты стæй, æмæ нын базара гьæйтгы рæгъы зарæг. Æмæ сфидауой нæ фæдис дæр, нæ бадт дæр. — Уым фестади Фарнæг, къонайы фарсмæ цы сугтæ уыди, уыдонæй цалдæр систа, арты цæст ракъахта мæ дзы сугтæ æрæвæрдта. Стæй дзуры уый фæстæ Хæзнамæ: — Кæд дæм ронг ис, уæд дзы рахæсс æмæ дзы Хуыцаумæ скувæм, кæдæй нырмæ йæм нал скуывтам уартæ! Хæзна нæ базмæлыд, йæ хус мæллæг æнгуылдзтæ йæ дæллагхъуыр батымбылтæ кодта, йæ цæстытæ, цыма дзæ- гъæлгаст фæци, уыйау иуæй хаста лæппутæй иннæмæ æмæ рызти йæхи мидæг æгасæй. Æмæ йæ нал баджиздардта Фарнæг. Йæ ныхас кодта дарддæр.
Нарты Фарнæг 287 — Фæцæудзыстæм чындзхæссæг Фæрнджын коммæ уалæ ’мæ дзы æрхæсдзыстæм Фæрнджын комæй фарн. Æмæ уыдзæни а хæдзары фарн æмæ дыууæ Хуройы ноджы — стыр Хуро æмæ гыццыл Хуро. Æмæ кæсдзæни а хæдзарыл хур — хуыздæр ма цы хæдзарыл скæса хъуамæ хур дæр! Раст уæд фæмидæг хæдзары æд фæндыр Уæн, йæ дыууæ цæстæй цин бырста æддæмæ. Æмæ фæцыд йæ хъæр: — Табу дæуæн, стыр Хуыцау — нæ нын байстай Тыхылы! — Куыд хорз афон фæзындтæ, уо ме ’фсымæр, куы! — ныццæгъд-ма, æмæ райхъал уа йæ тарф фынæйæ хæдзар. Æмæ нызмæлыди, ныззыр-зыр кодта фæндыр. * * * Хорæхæрзæ иунæгæй куы баззад, уæд гом дуармæ хæс- тæг балæууыди, акасти æддæмæ гом дуарæй — далæ æм- бондгæрон лæууы Уæрхтæнæг. Йæ разы къуыдырыл бады Дургом, уæлæмæ кæсы Уæрхтæнæгмæ, æмæ йын цыдæртæ дзуры уым Уæрхтæнæг. Йæхæдæг раст лæууы — нæ фæ- сонтæй фæгуыбыр и, нæ уæрджытæй фæтасыд. Æмæ ма, дам, дзы цы æрæййафдзыстæм. Афтæ йын загъта Хорæ- хæрзæйæн фыццаг æхсæв йæ фарсмæ хуыссæны йæхи куы æруагъта, уæд. Афтæ дзы æрæййафдзыстæм æмæ хуыз- дæр нæ хъæуы. Фыдæбонæй цас федтай, хæрзæбонæй дæр уыйбæрц фенай хъуамæ. Афтæ куы нæ уа, уæд цардæн хæрам у й’ апп. Æмæ уый гæнæн та нæй æмæ хæрам уа цардæн й’ апп. Йæ дыууæ армы дæр йæ зæрдæйы бынмæ бахаста ’мæ сæ уыцы тъæпæнæй кæрæдзийы уæлæ сæвæрдта. Афтæ- мæй лæууыди, кæсгæ Уæрхтæнæгмæ кодта, хъусгæ та — зæрдæйы бынмæ. Æдде сисы фæрсты цалдæр барæджы æрбауади цапуа- лæй, ронбастæй уæлæмæ зындысты сисæй. Уым сисы фæс- тæ æргæппытæ кодтой сæ бæхтæй. Сæ иу Фарнæг разынд. Иннæтæй фæхицæн æмæ гом дуармæ сарæзта йæ ных. Хорæхæрзæ фефсæрмы, афтæ кæй лæууыди æмæ Уæрхтæнæгмæ кæй касти, уымæй. Иуварс ахæцыд йæ- хиуыл дуарæй. Фарнæг фæмидæг йæ мидбылхудт йемæ бахаста.
288 Хуыгаты Сергей — Искæй чындзæхсæв цас хуыздæр у, нæ фæлæ! Хорæхæрзæ йæм йæ цæстызулæй бакаст. — Цæмæй хуыздæр у искæй чындзæхсæв? — Æнцондæр дзы у æмæ уымæй. — Афтæ ма дзур. Хъазгæйæ дæр ма дзур афтæ. Абон махæй æнцондæр никæмæн у а дунейы, — дзургæ-дзу- рын нымæт райста рагъæнæй, йæ уæхсчытыл ын ахæ- цыд фæйнæрдæм. — Æрбакæн-ма йæ, кæддæра дыл фидауы. — Æмæ де ’рмдзæф дзаума къодахыл куы сфидаудзæн, уæд къодахы бæрц дæр нæ дæн, — йæ фæсонтæ баздæхта Хорæхæрзæмæ æмæ йыл æрбакодта нымæт Хорæхæрзæ, стæй йæ размæ ахызт æмæ йæм касти уырдыгæй. — Гъеныр ма иуырдæм дæр æрзил æмæ иннæрдæм дæр. Фарнæг иуырдæм азылд, иннæрдæм куыд рацæйзылд, афтæ йæ зилын фæуагьта, хæрдмæ фæхауд Хорæхæрзæйы раз, цъилау ныззылди уæлдæфы, æмæ гом дуарыл асæр- рæтт ласта æддæмæ. Хорæхæрзæ йæ фæдыл кæсгæйæ баззади. Бынтондæр фендæр ис — йæ уæздан уд æмæ йæ бадт зондыл царды цин бафтыди æмæ сфидыдта лæппу, лæг йе ’взагджын рон куы ’рбабæтты æд хъама, уæд куыд сфидауы, афтæ. — Уас Хуыцау бирæ цæрæнбонтæ радтæд Арцийæн. Уый йæ уырдæм куы акодта, Азырты бæстæм, йæ циныл цин уæдæй нырмæ бафтыди лæппуйæн. Уæды онг цыма уый хъуаг уыд, уыцы цины хъуаг, фæлæ йæ дзæбæх нæ хатыдта Хорæхæрзæ. Уый уалдзæджы уыди уартæ, фыццаг уалдзæджы, кæ- цæйдæр сæм куы фæци уæд Арци. Къæбæр куы ахордтой дыууæ лæппуйы, уæд далæ Дзыхыдоны былмæ ныййистой сæхи, æмæ уым бирæ фæрацу-бацу кодтой. Уырдыгæй куы сыздæхтысты, уæд мæсыгмæ ссыдысты уæлæмæ æмæ суанг изæрмæ уым фæлæууыдысты, мæсыджы сæр. Хурныгуылд дæр сæ уым æрæййæфта. Хорæхæрзæ сæм йæ цæст дардта æмæ сыл зæрæхсид йæ фæлмæнбыд сырх ахуырст тын куыд баулæфтау кодта ’мæ сæ уæлæ куыд хъазыд уыцы тын, уый йæм дзæбæх зынди Хорæхæрзæмæ. Дыккаг бон, талынг ма уыд, афтæмæй абадтысты сæ бæхтыл æмæ сæ цæфхæдты къыбар-къыбур æнахуыр хъæл- дзæг зыланггæнгæ баззад уæзæгыл сæ фæстæ.
Нартпы Фарнæг 289 * * * Азыртæ хуыммæ ацыдысты, æмæ сæ хуссар тæлмытæ адардта — кæм конд уыди, кæм æнæконд. Уыдон дæр хуымы уыдысты. Сæ хуым — даргъ æмæ нарæг, йе ’рдæг ын кæнæ фесты конд, кæнæ — нæма. Мад сæрбосыл хæцыд æмæ йæ сабыр цыдæй цыди галты разæй. Чызджытæ сæ дыууæ дæр гиноныл æнцадысты, ныггуыбыр сты, аф- тæмæй. Хуырбын уыди сæ хуым æмæ дзы сæ иуы хъаруйæ нæ хызти дзывыр. Сæ дуармæ бæхджынтæ и, уый куы федтой, уæд бау- рæдтой галты, æрлæууыдысты ’мæ æнкъардæй кастысты — чи уой уыцы бæхджынтæ æмæ сæ цы хъæуа?! Бæхджын ахуыр куы нæуал у сæ дуар. Уæдмæ Арци æмæ Фарнæг аралæуу-балæуу кодтой уæзæгыл, стæй кæройнаг хæдзæртты ’хсæнты ’рбауадысты сæ цапуал уадæй æмæ хуымтæм фæхæрд кодтой. Æвæц- цæгæн искæй афарстой æмæ сын, кæм сты, уый бацамыд- та. Хуымы кæрон æрхызтысты, сæ идæттæ сæргъты гоппы- тæм баппæрстой æмæ сæ пæлæзты бараст сты ауæдз-ауæдз. Мад Арцийы уайтагъд базыдта. — Уый ды куы дæ ды, мæ айгуынон хъæбул! — йæ цæнгтæ Арцийы æфцæгыл атыхта мад. Чызджытæ дæр æй базыдтой, сæ цæстытæ йæм базмæлыдысты, сæ уадултæ йæм барухс сты. — Уый та уын, мæ нæртон æфсымæр Фарнæг, — баца- мыдта Фарнæджы Арци. — Уæддæр уын йæ кой кодтон, иумæ уыдыстæм уыцы фыдбылызы бон Æфсæнгомы. Мад Фарнæджы æфцæгыл дæр атыхст, стæй аздæхт чызджытæм: — Гъа, хъæбултæ, абон фестæм куыст. Хуыцауы уазджы- тæ нæм æрхауди, сæ фæхъхъау мæ фæкæна Хуыцау, æмæ нæ хуым кæнынмæ нал æвдæлы. Уæд базмæлыдысты лæппутæ — уый та куыд?! Æмæ ма хуым кæнынæй ахъаззагдæр цы уа! Æмæ йæ уыдоны тыххæй ныууадзой хъуамæ æрдæгкондæй сæ хуым æмæ сын афтæ æрдæгкондæй дзыназа хурмæ?! Мад ма бæргæ ныллæууыди сæ разы — уæдæ кæд уыди афтæ ’мæ дæ дард, дæ фæллад уазджыты хуым кæныныл бафтауай! Фæлæ уæдмæ лæппутæ сæ пæлæзтæ фелвæс- 19 Хуыгаты Ссргсй
290 Хуыгаты Сергей той, сæ рæттæ райхæлдтой. Чызджытæй сæ иу Арцийы гæрстæ айста, сæ иннæ — Фарнæджы гæрстæ. Сæ галиу цæнгтыл рæуæг æрдыдагъ кодтой пæлæзты, куыд нæ нын- цъылдтæ уой, афтæ, æмæ сыл æдде рæттæ æрæвæрдтой æд хъаматæ ’мæ уалæ хуымы сæр ауæдзыл слæууыдысты. Комкоммæ кæсæн нæ уыди лæппуты гæрстæм — хурмæ æрттывтой хъаматы æвзист арæзт кæрддзæмтæ, рæтты æргъæвджытæ ’мæ æвзæгтæ — хъазыдысты хурмæ, æмæ афтæ зынд, — цыма дидинджыты куыристæ уыди сæ цæнгты уæлæ ’вæрд, урс цæхæр чи калдта, ахæм дидинджыты куыристæ. Мад йæ фыртыхстæй арауай-бауай кодта сæ фæдыл, стæй, не ’рлæудзысты, уый куы базыдта, уæд æргуыбыр кодта ’мæ дуртæ уидзын байдыдта. Йæ раздарæны дзаг-иу æрæмбырд кодта æмæ-иу сæ, уартæ хуымы кæрон цы дæргьæй- дæргъмæ цæнд уыд, уымæ ахаста. Фидар хæцыди гиноныл Фарнæг æмæ фидар цыди дзы- выры фæстæ. Чызджытæм-иу куы ’рбаввахс сты, уæд-иу сæ сусæгæй-æргомæй йæ цæстытæ нал иста, æмæ-иу ыл дис бафтыд — куыд æмхуызæггæ сты! Æмхуызон бæрзонд æмæ æмхуызон нарæг астæу. Сæ къабатæ уæгъд уыдысты æмæ ноджы даргъ, уæддæр бæрæг дардтой сæ астæутæ сæ къабаты къуымты. Сæ нарæг æмæ раст фындзтæ раст лæууыдысты сæ цъус дæргъæццон цæсгæмтты астæу. Сæ былтæ та сын цыма ныв ныччынди, афтæ зынд. Стæй цыма адæм цы ныхæстæ фæдзурынц кæрæдзимæ, уыцы ныхæстæ кæнынæн æгæр уыдысты, цыма дзуæрттæн лæгъстæгæнæн был- тæ уыдысты, цæмæй сæ зæрдæтæ ма лæууыдаиккой уыцы былты лæгъстæмæ дзуæрттæн æмæ фæстæмæ ма- цæуыл хæцыдаиккой. Скаст-иу сæм Фарнæг ауæдзмæ æмæ- иу æм хатт афтæ дæр фæзынд — иу чызг у, дыууæ чыз- джы не сты, дыууæ йæм зынгæ фæкæны уыцы иу. Уæд-иу йæхи мидæг фæтыхст, дзывыр-иу тынгдæр æрæлхъывта, æмæ-иу афардæг зæххы дзывыр. Уæдмæ сæввахс сты ауæдзмæ хуымгæнгæ æмæ бафип- пайдта Фарнæг: кæд нæ уыди чызджытæй иу бынтондæр æндæргъуызон: йе ’рфгуытæ даргъ ауагътой сæхи, стæй сæ кæрæттæ цæхгæр æртасыдысты дæлæмæ. Æмæ бадис кодта Фарнæг — уæдæ æрфгуытæ афтæ цæхгæр таст уой,
Наргпы Фарнæг 291 æмæ сæ нырмæ ма фенай! Цыма лæджы цæуылдæр ами- дин кодтой уыцы цæхгæртаст кæрæттæ, цыдæр ын амыд- той цыма, адæм се ’ппæт кæй хъуамæ ма зоной, ахæм цы- дæр. Федта-иу Фарнæг — сæ уадултæ сырх дардтой чыз- джытæн. Æвæццæгæн тыххæст фæкодтой дзывырыл. Уыдта сæ дзыккутæ бырстой æддæмæ сæ сæрбæттæнтæй, сæ уæх- счытæй фæдæлдæр сты, сæрбæттæны баст уæле аззад — ставд, фæлмæн дзыккутæ æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд Арцийы ныхас. Даргъ дзыккутæ, дам, сын уыдаид. Уæд æй йæхæдæг куыд афарста Фарнæг, уый дæр дзы нæ ферох. — Цæмæй бæрæг у, даргъ дзыккутæ сын уыдаид, уый та? Уæдæ дзыкку сæрыл нал и, лыг у. Ныр ацу æмæ йæ базон, цæй дæргъæн уыдаид, уый! Æмæ, дам, сæ сæртæ куыд дардтой, уымæй бæрæг уыд. Æмæ, цымæ, уыдаид уымæй бæрæг? Уыдаид, æвæццæгæн, Арцимæ дзæгъæлы нæ фæкастаид, афтæ. Хуым куы фæци конд, уæд ауæдзыл бамбырд сты. Лæп- путæ сæ рæттæ æрбабастой, сæ пæлæзтæ ’рбакодтой. Мад та аздæхти чызджытæм: — Ныр сымах азгъорут, уæ иу арт бакæнæд, уе ’ннæ донмæ ауайæд æмæ уæ фыды ’фсымæрмæ бадзурæд. Чызджытæй сæ иуæн, Фарнæджы гæрстыл чи хæцыд, уымæн йæ цæстытæ цыдæр хъæлдзæг змæлд бакодтой, аф- тæмæй сæ лæппутыл æрхаста, стæй сæ мадмæ фæцарæзта йæ цæстыты. — Æдзи, æмæ ныр, цымæ, уазджыты бæхтыл куы абадик- кам, уæд куыд уаид? — чызг йæ ныхасæй фефсæрмы, фæстæдæр алæууыд æмæ зæхмæ ныккаст. Мад йæ армыл схæцыд, айтынг æй кодта æмæ дзы йæ цæстытæ бамбæрзта, стæй цыма сусæгæй дзырдта, афтæ загъта мынæг хъæлæсæй: — Стыртæ стут ныр, Исидæ! Гыццылтæ нал стут ныр. Худинаг у! Чызг ноджы фæстæдæр алæууыд, уырдыгæй бæхтæм акаст, стæй æххæст нал разылд мадмæ афтæмæй базмæлы- дысты йæ былтæ, уыцы арæхстгай змæлдæй, цыма дзуари- мæ ныхас кодта — ныхас нæгъ, цыма йын лæгъстæ кодта дзуарæн. Цыма дзы исты хæрзиуæг агуырдта. — Ацы хатт ма, Æдзи. Ардыгæй нæхимæ æндæр нæ. Æмæ йын фæтæригъæд кодта Фарнæг, йæ зæрдæ баз-
292 Хуыгаты Сергей мæлыди чызджы ныхасмæ. Фыццаг хатт æм комкоммæ бакасти æргомæй. — Хауынæй нæ тæрсыс? — Нæгъ! — фæтынг сты чызджы цæстытæ ’мæ ферт- тывтой цыдæр разæнгарды æртгывдæй. Ныфс уагъта уæнгты уыцы цæстыты æрттывд. — Æццæй? — аздæхти чызджыты мадмæ Фарнæг. Мад йæ сæр бауыгъта фæйнæрдæм. — Хауынæй сын ма тæрс. Лæппутæй уæлдай не сты бæ- хыл бадынмæ. Се ’фсымæр сæ сахуыр кодта, сæ мæгуыр æфсымæр. Фæйнæ байраджы дæр сын уыди балхæнын йæ зæрды, бæхджын æфсымæртæ, дам, мын нæй æмæ, дам, мын бæхджын хотæ уæддæр уа. Гъæ, кæд сын нæ балхæдта фæйнæ байраджы, уæд мын, кæй цæфæй æрхауд, уый Хуыцауы дудгæ цæф баййафа! Æмæ-иу балцæй куы æрыздæхт, уæд-иу йæ размæ дугъ кодтой — кæмæ сæ æрхауа бæх! Кæрæдзийы дыстæ дæр-иу æрфаринтæ код- той. Фæхыл-иу сты бæхыл. Æнахъом ма уыдысты, гыц- цыл чызджытæ ма уыдысты уæд. — Уæд, уадз æмæ абадой! — дзуры Фарнæг, афтæмæй йæ цæстытæ ацахстой, мад, Исидæ кæмæ сдзырдта, уый нæ, фæлæ иннæмæн йе ’рфыджы къæдз зына-нæзына змæ- лыд æмæ цæст æрфыджы бынæй сусæгæй каст Арцимæ. Уæдмæ, Исидæ бæхты цур балæууыд. Фарнæджы бæхы идонмæ бавнæлдта, æриста йæ саргъы гоппæй. — Мæнæ цы бæхтæ и, мæнæ! — загъта хъæрæй чызг, уæддæр йæ цин иууыл не сфæрæзта сдзурын, æмæ ма уæд ноджы хъæрдæрæй бафтыдта йæ ныхасыл: — Бæхтæ нæ фæлæ — фæрдгуытæ! — дзургæ-дзурын йæ къах æгъ- дæнцоймæ схаста, къаба фæбырыд зæнгыл — быгъдæгæй аззади зæнг — рæхснæг зæнг, æлвæст зæнг — фестъæлфы- ди, фæтынг и æмæ саргъыл куыд абадти чызг, уый нал ауыдта Фарнæг. Стæй иннæ бæхы идонмæ авнæлдта æмæ йæ хъузоны конд ракодта, афтæмæй æрбалæууыд сæ уæлхъус. — Сбад, Æдисæ, æмæ цом! Суг сæттын нæ хъæуы, арт кæнын нæ хъæуы, дон хæссын нæ хъæуы, Джемалтæм ба- дзурын хъæуы — цас куыстытæ нын и! — йæ хинæйдзаг мидбылхудт амбæхсти йæ цæсгомыл. — Æмæ нæ не ’вдæлы! Чызг уæддæр лæууыди, цыдæр гуырысхо абад-абад кодта йæ уадултыл æмæ сæм цыма æрфгуытæ нывналынмæ хъа-
Нарты Фарнæг 293 выдысты сæ уырдыгмæ таст кæрæттæй, цыма сæ æрсабыр кæнынмæ хъавыдысты уадулты, афтæ зынд. Æмæ дзуры чызгмæ Арци: — Цæмæннæ бадыс, дæумæ куы дзуры Исидæ. Сбад-ма, сбад, кæддæра куыд дзоргъа кæны Зыгъар! Ды нырма нæ зоныс Зыгъары. Кæд ма дæ дзы дæ къах зæхмæ хæсса! Нæртон бæх у. Нарты лæвар у мæнæн. — Уым фæлæууыд йæ ныхасæи, йæ цæнгтæ фестъæлфыдысты, афтæмæй æв- вахсдæр балæууыди чызгмæ. — Кæд дын феххуыс хъæуы саргьмæ схизынмæ? Уæд иу фезмæлдæй бæхы рагъыл февзæрди чызг. Æмæ йыл цыма ахæм барæг кæй абадт, ууыл бацин кодта Зыгъар, уыйау йæ урс къæхтæ йæ быны арайс-байс кодта æмæ йæ хъæлдзæг мыр-мыр фæцыд. Стæй базмæлыдысты бæхтæ. Чызджытæ уыцы арæхстджын гуыбыр баисты сæргътыл æмæ сфидыдта Азырты хуссар. Фыццаг комы ’рдæм фæ- цагайдтой бæхтæ, стæй уым хуымты кæрæггы хъæумæ цы уырвæндаг уыд, ууыл азылдысты — сæ цæфхæдтæ цæхæртæ калдтой уырыл — æмæ цыма дыууæ цæхæркалгæ зæды фæцæйтахти хъæумæ. Стæй нарæг уынджы бакъыбар-къыбур кодтой бæхты цæфхæдтæ. Лæппутæ сæ бæрзæйтыл бæрзонд схæцыдысты, афтæ- мæй сæ фæстæ кастысты ауæдзæй. — Гъæ, хуыздæр фæуат! — ныууынæргъыдта мад. — Кæдæй уæдæй ма нæ мæгуыр дуарæй дæр цæфхæдты хъæр райхъуысти! Стæй Арци сæрбосыл ахæцыд æмæ конд хуымыл ацы- дысты дæлæмæ. Дзывыр йæ иу фарсыл фæлдæхтæй лæсти. Чызджыты мад æмæ Фарнæг йæ фæстæ цыдысты дзывы- рæн. Фарнæджы зæрдæйы æнахуыр æхсызгон цин змæ- лыди, чызджытæ бæхтыл кæй абадтысты, афтæ рæсугъд сыл кæй фидыдтой, стæй сын сæ мад хауынæй кæй нæ тарст, уымæй. Йæ цæстытæ та-иу ахаста донбылты. Бæргæ ныр фæстæмæ куы абадиккой бæхтыл, уыцы уыр фæндагыл сæ къыбар-къыбургæнгæ куы фездæхиккой фæстæмæ æмæ сæ уартæ комы хъæлæсмæ куы саразиккой, бирæ кæсæн сæм куыд уа! Фæлæ нал здæхтысты фæстæмæ æмæ нал фидыдта æппындæр уыцы уырвæндаг. Цæй арт сын кæнын кæны сæ мад æмæ сын цæй дон хæссын кæны?! Цæмæн дзы бахъуыд арт кæнын æмæ дон хæссын!
294 Хуыгаты Сергей Сæхимæ нæ уыди чызджытæн бæхыл бадыны фæтк нар- тæн — бæхыл нæ бадти сæр æй куы нæ хъуыд, уæд нæртон сылыстæг. Æмæ ныр цыма æндæр дунейы балæууыд, афтæ йæм зынд Фарнæгмæ. Æнæуи дæр æндæргъуызон бæстæ уыд Азырты бæстæ — ныллæггомау рæгътæ æмæ къуыппы- тыл апырх сты сæ хъæутæ — гыццыл, тымбыл хъæутæ. Сæ хæдзæрттæ ныллæджытæ æмæ дæргъæццæттæ. Сæ хуым- тæ дæр дæргъæццæттæ — дæргъæццон æмæ нарæг хуымтæ. Чи сæ конд уыди, чи — æрдæгконд. Дзывыр æппын кæмæ нæ бахæццæ и, ахæмтæ дæр ма дзы уыди, æмæ сæ ауæдзтæ æнкъардæй кастысты сæ уæллаг кæрæтгæй. Фæлæ иу хъуыды æнцад нæ уагъта Фарнæджы — искуы иу хуым ма уыдаид, уый йеддæмæ иннæ хуымты иууыл змæлыди сылгоймæгтæ. Æмæ ууыл дис кодта — кæм сты сæ лæгтæ?! Хуым кæнын, хуым тауын — уыдон лæгмæ куы хауынц, уыцы куыстытæ, нæлгоймагмæ. Æнæлæг чи у, уыцы хæдзæрт- тæм та зиуæй цæмæннæ^ кæнынц сæ хуымтæ?! Æви сæм зиу кæнын нæ зонынц! Йæ фарст чызджыты мадмæ куыд фæкæсдзæн, уый нæ зыдта, уæддæр æм бадзырдта, дзывыр конд хуымы йæ фарсыл куыд æнцад-æнцойæ лæсти, уымæ комкоммæ касти, афтæмæй: — Бахатыр мын кæн мæ хынцфарст, фæлæ уæм зиу нæ зонынц? — Бæргæ нæм зонынц! — арф ныуулæфыд сылгоймаг æмæ иуцасдæр ницуал сдзырдта, афтæмæй цыди конд хуымы йæ иугæндзон уæззау къахдзæфтæй. Стæй йæм æрæджиау æрбайхъуыст йæ хъæлæс Фарнæгмæ, цыма бæлвырд фен- къарддæр йæ хъæлæс сылгоймагæн, афтæ фæзынд Фар- нæгмæ: — Сылдых рахаста нæ адæм а фæстаг рæстæджы, æмæ сылыстæгæй зиууон нæй. Зиу ракæнынæн нæлдых хъæуы. Фарнæг батыхсти — куыд и афтæ гæнæн æмæ адæм сылдых рахæсса кæнæ нæлдых?! Æмæ йæ тыхст нæ бафæ- ’ рæзта ’мбæхсын: — Афтæ дæр вæййы? Адæм сылдых рахæсса? Æрдз нæ амоны афтæ. — Æрдз бæргæ нæ амоны афтæ, фæлæ ма хъусæг кæн и æрдзмæ дæр. Бæстæ — уæлгоммæ, фæзæгъынц. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ йыл кæй цы фæнды, уый кæна уыцы уæлгоммæ æрдзыл. Уæд сæфтмæ цæуы бæстæ. Лæ-
Царты Фарнæг 295 гæн та йæ конд афтæ у æмæ йæ бонæй-бонмæ фылдæр хъæуы, фылдæр агуры йæ зæрдæ. Сысырхта, иу ныхасæй, лæг. Афтæмæй ,йæ ницæмæн хъæуы, сысырха, уый сæр лæджы. Хъуамæ гыццыл гуыбырдзæф уаид лæг, арвмæ йын зындæр кæсæн куыд уа, зæхмæ æнцондæр кæсæн, афтæ. Кæннæуæд лæг цæугæ-цæуын зæхмæ нал кæсы, арвмæ дары йæ цæстæнгас æмæ кæлгæ кæны афтæмæй. — Сылгоймаг иу-цалдæр къахдзæфы акодта æнæ дзургæйæ. — Мах дæр уый нæ фесæфта, Азырты дæр, лæг æгæр кæй сысырхта, уый?! Ам нæм авд æфсымæры рахъомыл ис иу хæдзары — бæргæ куы нæ рахъомыл уыдаиккой! Уый ра- джы уыд, æз ма цумайы чызг уыдтæн уæд. Æфсымæртæ сæ исы цæсты акастысты æмæ сæ тыхы фæдыл ацыдысты. Иубон цуаны уыдысты æмæ семæ иу нæртон лæппуйы æркодтой. Уым ыл амбæлдысты кæмдæр цуаны æмæ, дам, нæм фысым бакæ. Куыннæ сыл баууæндыдаид — фысым бакæ! Лæг ма лæджы дзыхæй хуыздæр цы фехъуса! Ныр æфсымæртæн сæ уазæгдоны бын кæд нæ уыди ныккæнд. Ныккæнды та цæджджинаг дардтой æмæ сын дзы иууыл- дæр уыди фыцгæ дон сæ цæджджинаджы. Гъеныр сæ уазæг- доны астæрды фæйнæджытæ та уыдысты къæпп æвæрд. Лæппу уыдæтты хæйрæг кæм уыди! Афтæмæй, куыддæр бахызт уазæгдонмæ, афтæ йæ къæхты бын фæйнæг фæ- хъил, йæхæдæг ныккæндмæ ныххауд æмæ аджы амидæг и, фыцгæ доны. А нартæ йæ фæд рахастой лæппуйæн æмæ авд æфсымæры дуармæ балæууыдысты. Дуæрттæ ныххос- той — кæм и нæ лæппу?! Адон нæ сæттынц, мах, дам, ницы федтам. Уæд дын дуæрттæ куы барæмудзиккой а нартæ æмæ лæппуйы фыцгæ аджы куы баййафиккой. Гъа- гъа-гъа, сластой сæ цирхъ-кæрдтæ, фыццаг æфсымæрты ныццагътой, стæй аздæхтой иннæтæм — кæмдæриддæр нæлгоймаг ссардтой — бындзагъд сæ фæкодтой. Сылыс- тæг нæ бахъыгдардтой, уымæй тæригъæд зæгъæн нæй. Фарнæг-иу акъахдзæф кодта æмæ та-иу лæугæйæ аззад — никуы фехъуыста ацы хабар. Æмæ æниу иннæ хабæрттæ иууыл фехъуыста! Ахæм хабарæй фылдæр цы и нартæм! Иæхæдæг ма гыццыл уыдаид уæд, хæрз гыццыл. — Хъизæмар æмæ утæхсæны хай фæци нæ сылыстæг. Искуы ма иугай лæгтæ аззади — чи балцы уыди, чи — фыййау, чи хъæды куысты. Æмæ цы у цалдæр лæджы
296 Хуыгаты Сергей æнæхъæн адæмæн. Æндæр рæттæм цыдысты нæ чызджы- тæ, чындзы нæ, æнæуи. Исты куыстмæ-иу бацыдысты. Стæй-иу кæнæ сæхимæ уыдаид лæппу, куыстмæ кæма 6а- цыдысты, уыдонæн, кæнæ сæ сыхæгтæм, æмæ-иу сæ искæ- мæй банхъæлцау, афтæмæй-иу æрыздæхт фæстæмæ. Уымæй дæр искуы иуæн ма райгуырдаид лæппу, иннæтæн иууылдæр гуырди чызджытæ. — Цымæ цæмæн? — цæхгæр та фæлæууыди йæ цыдæй Фарнæг. — Цы зонын. Кæд нæ æлгъитгæ ракодтой нартæ, æмæ ныл се ’лгъыст цæуы. Нартæн, дам, цæуаг у се ’лгъыст. 19 Уæрхтæнæг æмæ Фарнæг гыццыл аразæй сты иннæ- тæй. Бæхты сæхи бар ауагътой æмæ сæ хъазуат цыдæй цыдысты бæхтæ. Фарнæджы зæрдыл æрбалæууыд — фа- рон ма Гуымирты бæстæм дæр афтæ фæцæйцыдысты дыу- уæйæ Уæрхтæнæгимæ — Уырызмæг Гуымирты мæличчы ахæсты куы бахауд. Уæд æндæр уыди сæ фæндаг. Фæстæмæ ма раздæхдзысты, уый æнхъæл сын ничи уыди. Бирæты, чи зоны, фæндгæ дæр афтæ кодтаид — куынæуал раздæхик- кой — йæхи фæнд аскъæрдта Фарнæг æмæ йæм мæсты уыдысты. Ныр Хурыбыдырæй здæхтысты, Бæртæлæджы цæрæн- бæстæй. Уæддæр цæуынмæ хъавыдысты, Уæртæмæн æмæ Сагинæ куы цыдысты сæхæдæг уæд. Фæлæ сæ Уæртæмæн нæ рауагъта. Афонмæ, дам, æнæарт-æнæфæздæгæй ныррау- уат сты нæ къуымтæ, æмæ, дам, сын сæ быроныл иуварс уæддæр ахæцæм. Стæй, дам, уе ’рцыдмæ куы æнхъæлмæ кæсæм, уæд, дам, цы цин фæкæндзыстæм, уый, дам, нын хæлæг кæнут. Фарнæг касти Уæртæмæнмæ æмæ хъуыды кодта: кæд æй, къуымты цы бырæттæ æрæмбырд, уыдоны мæт нæй? Кæд æй, Сагинæимæ дыууæйæ куы бахизиккой сæ гæнахы къæсæрыл, уый фæнды? Кæд æй, сæ къонайы арт куы скæной, уæд æй дыууæйæ куыд бамбарой къонайы хъарм, афтæ фæндыди? Уæдæ бырæттыл иумæ нæ ахæцыдаик- кой,« кæд сыл æнæахæцгæ нæ уыди, уæд? Ныр æнæуи хуындзæутты цыд акодтой, афтæмæй бын-
Нарты Фарнæг 297 тон хуындзæутты хуызæн нæ уыдысты. Хор дæр сын авæрд- той бæхтыл иу-цалдæр къæссайы. Уæд та йæхи хор уæдæй- уæдмæ йе сымæр сси, йе зæдгъæн фæци, уæд ма ахæм хорæй цы таугæ хъуамæ бакæной, цы — хæргæ. Фос дæр сын бамбырд кодтой. Дзæбæх сын бадзуг и сæ фос. Ахæм хæдзар нæ баззад Уæллагхъæуы æмæ дыууæ-æртæ лыс- тæгкъахы чи нæ рауагъта йæ дуарæй. Уæдæ сæхæдæг дæр сæхи куыд бамбæхстаиккой! Рагсом хизынмæ куы уагътой фос, уæд сын бонхæрæны сæ дзæбæхтæй авд æрурæдтой фæсте. Уæн мидæгæй уыди бонхæрæны, уыдон та йын æдде амыдтой, Уæрхтæнæг æмæ Фарнæг, кæцыты æруромын хъæуы фæсте, уый. Фос уасыдысты, фæйнæрдæм раиваз-баиваз кодтой уæзæгыл, цалынмæ сæм Дургом йе стыр урс цæуы нæ рауагъта, уæдмæ. Цæуæн йæ сыкъатæ, дыууæ цирхъы кæрæдзийы астæутыл куыд сæмбæлой, афтæ сæмбæлдысты, стæй кæрæдзийы фæрсты хæрдма ацыдысты. Æмæ уыцы дзуарсайæ уæз кодтой цæуæн йе стыр сæрыл. Йæ бурбын боцъо æрдаргъ и уырдыгмæ, афтæмæй йæ цæукъайы тæф калгæ æрзылди дзуджы алывæрсты, æмæ æрсабыр и дзуг. Уæрхтæнæг нал æрбадын фæрæзта, нал æрлæууыны зыд- та. Цыди, зылди уыцы стыр гæнахы къуымты, цыдæр дзы агуырдта, йæхæдæг дæр дзæбæх кæй нæ зыдта, ахæм цы- дæр. Уыцы растæй-иу аззади лæугæйæ. Стæй та кæс æмæ уæртæ гуыбыр-гуыбыр фæцæуы. Зондæй йæ нæ хатыдта, фæлæ йæ удæй æнкъардта — Арвычызджы агуырдта, кæд та йæ размæ фæуид, искуыцæй æмæ та йæ фелвасид йæ хъарм хъæбысмæ. Æмæ Уæрхæджы, йæ хъамбулзæнг æфсымæры — мæнæ та йæм искæцы дуарæй ратæррæтт ласдзæн, йæхи та йыл андзардзæн, фæхъæбысæй-хъæбысмæ та уыдзысты æмæ та зилгæ дымгæйау кæрæдзийы зилгæ ахæсдзысты. Ноджы Бæртæлæджы æмæ Гугутуйы. Фæлæ сæ никæуыл хæст кодта æмæ-иу лæугæйæ уымæн аззад, стæй та-иу цæуыныл дæр уымæн фæци. Æрæджиау æрбадти, рæбинаг къулы рæбын цы тæрхæг уыди, уый кæрон. Уым-иу хуыссыдысты, уыцы фæтæн тæрхæгыл, Бæртæлæджы фæйнæ фарс Уæрхæгимæ. Æмæ-иу афтæмæй хъуыстой Бæртæлæджы аргъæуттæм. Æмæ-иу ныссабыр зæронд гæнах, Сечъылæгæты сабыр-иу ныцци. Ныхъхъуыста-иу аргъаумæ. Æмæ-иу гæнах кæмдæр базза-
298 Хуыгаты Сергей ди, сæхæдæг-иу аргъауы бæстæм аивылдысты. Стæй-иу сæ иуафон хуыссæг бырсын райдыдта. Фыццаг-иу дыууæ лæппуйы æрбырста. Арвычызг-иу сын се ’нæмæт сым-сым куы фехъуыста, уæд-иу уыцы сым-сыммæ куыд афынæй, уый зонгæ дæр нал бакодта. Уыдоны фæстæ-иу æрцъынд и Гугуту... Уæдмæ-иу йæхицæн дæр æрныхæс-æрныхæс байдыдтой йæ цæстытæ Бæртæлæгæн. Фæлæ йæ аргъау æрдæгыл никуы ныууагъта. Йæ цæстытæ-иу æрцъынд сты, æрфынæй-иу, йæ ныхас-иу нал хъуыст, уæддæр ма-иу йæ былтæ змæлыдысты. Аргъау-иу кæронмæ фæцæйхæццæ код- та. Диссаг уыди, стыр диссаг — йæ аргъау ма иу афтæ тыхконд цæмæн кодта, хуыссæг-иу ыл стых и, уæд? Гыц- цыл ма иу дзы куы баззадаид æнæконд йæ аргъауы кæро- нæй, уæд ын цæмæй тарсти! Æмæ æвзæр нæ уыди сæ балц — хорз уыди, фæлæ йæ уыцы фын сдыгъуырццæг кодта. Æнæуи фынтæ уынаг нæ уыд, уæд æм ныр кæцæй фæци? Кæд рагæй кæй нал схуыс- сыд ацы гæнахы, уый тыххæй йæм æрцыд! Æмæ йæм гæп- пæввонгæй лæууыд? Уæд та нал хуыссыди ацы гæнахы! Æмæ æнæуи рæсугъд фын уыди, цæхæртæ калдта раст, ахæм фын уыди, гъе! Фæлæ уыцы æнæбайрайгæйы уæсиат! Ныр ын æй радзура æмæ йын æй куыд радзура! Æмæ цыдысты. Уыдон — разæй дыууæйæ, иннæтæ — фæсте цалдæрæй. Æмæ-иу куы Фарнæгмæ бакасти Уæрхтæ- нæг, куы та-иу фæстæмæ акасти йе ’мбæлттæм. Куы сæ ’рбаййафиккой, уый йæ нæ фæндыд. — Цæуылдæр тыхсыс, цыма, иухатт та фæстæмæ куы акаст Уæрхтæнæг, уæд æм бадзырдта Фарнæг. Æмæ басасти Уæрхтæнæг. — Тыхсын, цы дын æй æмбæхсон, ме ’фсымæры хъæбул. Дысон фын федтон æмæ мæ мæ хъуыраццагмæ скодта. Æнæуи фын уынаг нæ дæн, цы фенын, уый дæр нæ рахæс- сын фылдæр, уæд мын ай уыцы бæстон цы ныббаста мæ цæстытыл! — йæхи растгæнæгау загъта Уæрхтæнæг, стæй æгъдæнцæйттыл слæууыд æмæ иувæхсыг бадт скодта сар- гъыл, йе ’ргом Фарнæджы ’рдæм куыд уа, афтæ. — Цыма Хæзмыбыдыры фестадтæн æмæ Зырнæджытысуадоны мæхи найын. Лæууын уыцы фæлмæн æхсæрдзæны бын æмæ мын уыцы хъæлдзæг сæх-сæх кæны æхсæрдзæн мæ уæхсчытыл, мæ фæсонтыл æмæ æхсызгон футтытæ кæ-
Нарты Фарнсег 299 нын, афтæмæй æууæрдын мæ уæхсчытæ. Ныр цыма мæ къух дæр фидар, мæ уæхсчытæ дæр, мæ бæрзæй дæр æмæ мæ зæрдæ рухсæй-рухсдæр кæны. Стæй дын иуафон ду- дын куы райдаид мæ буар. Дудын æмæ судзын. Ай цы уа? Кæсын æмæ доны æхсæрдзæн дзыккуйы æхсæрдзæн фес- тад æмæ мæ судзы, æнахуыр сыгъд мæ кæны. Иуварс алæу- уыдтæн, кæсын уæлæмæ. Уæле суадон кæм фæдæле вæййы къæдзæхы тенка сæрæй, уыцы ран былыл иу урссæр сыл- гоймаг бады, йæ дзыккутæ æхсæрдзæнау æркалдысты дæ- лæмæ. Æз уымæ кæсын, уый куы федта, уæд йæ уæрджы- тыл фæйнæрдæм ахæцыд, размæ мæм рагуыбыр кодта æмæ мæм дзуры: «Уæ дæлæ нæртон лæг! Мæ уæсиат мын Фар- нæгмæ фæхæццæ кæн — Нарты зæххыл, зæгъ, æфсир нæ рафтаудзынæ, фæлæ, зæгъ, æй зон». Ныр мæм йæ хъæлæс зонгæ хъæлæсы хуызæн зыны, æмæ чи уа, ууыл куыд ныхъ- хъуыды кодтон, афтæ, далæ мæ уæд кæм ссардтай, уыцы лæгæты куы бамидæг уаин. Æмæ мæм мæ иу зæрдæ афтæ дзуры, цыма уый уыди, уыцы урсдзыкку чызг. Уырдæм мын хæринаг æмæ дон чи хаста, уый. Æвæццæгæн-иу мæм истытæ дæр сдзырдта уым лæгæты, куы-иу мæм æрцыди, уæд; йæ ныхас-иу ын фехъуыстон. Æмбаргæ-иу æй нæ ба- кодтон мæ тыхстæй, фæлæ-иу æй мæ зæрдыл бадардтон. Ныр мæм уырдыгæй куы æрдзырдта, къæдзæхы сæрæй, уæд йæ раздæры ныхас дæр райгас и кæмдæр мæ зæрдæйы бын æмæ уымæн бамидæг дæн, гъе, лæгæты. Уæрхтæнæджы ныхасмæ ныссæх-сæх кодта Зырнæджы- тысуадон, афтæ ныссæх-сæх кодта ’мæ йæ хъустæ айдзаг сты сæх-сæхæй Фарнæгæн, стæй нæма банцади уыцы сæх- сæх, афтæ ауыдта Фарнæг: уæртæ фескъуыди æхсæрдзæ- ны хæрдгæ тын æмæ дзы, судзгæ хæдзары дуарæй куыд рагæпп кæнынц, афтæ рагæпп кодта урс-урсид сылыстæг. Йæ бæх куыд æрлæууыд, уый нæ бамбæрста Фарнæг. Йæхæдæг æдзæмæй бадти саргьыл æмæ йæ ризгæ цæсты- тæй кæсгæ баззади дард кæдæмдæр. Уæд нартæ æмæ Ай- гуынты чындзхæсджытæ Хылыдоны цъæхъил-мæхъил был- тыл куы схызтысты æмæ уым куы æрфистæг сты сæ бæх- тæй, Хæзмыбыдыры... Диссаг та куыд нæ у — быдыр ма уай æппындæр æмæ дыл быдыры ном сбада! Уалæ Тæлæгтыбыдырæй фæхицæн ис иу нарæг адагæй, стæй уыцы фæтæнæй къул рахаста
300 Хуыгаты Сергей уым дæлæмæ æмæ далæ, Хылыдон йæ былтæ кæм хæры æхсæвæй-бонæй, уырдæм ныххæццæ. Уым фæфæз и Хылыдоныбыл æмæ был-был дæлæмæ ацыд уыцы фæз, фæтæнæн йæ бæстастæу та кæд нæ уыди суанг — нарæггомау тымбыл суанг. Доныбылæй рацыд æмæ уæле, Зырнæджытысуадон цы къæдзæхы сæрæй сæх- сæх кодта, уымæ бахаста йæ ных. Уымæ дæр суадоны хуызæнæй ницы уыди, Зырнæджытысуадонмæ — уыцы тæнæг фæлхъæзæн хаста къæдзæхы селф ныхæй æмæ, мæнæ цыма гæнахы уæлхæдзарæй тын æруагътай, тæнæг хæрдгæбыд тын, афтæ зынд. Бынæй суанджы рæбын дыууæ æмиас дихы кодта йæ дон æмæ, чызджы фæсонтыл дыууæ дзыккуйы куыд æрдаргъ уа, афтæ адаргъ сты суангæн йæ дыууæ фæрсты уыцы дыууæ доны хæлхæлгæнгæ. Хистæртæн фынг авæрдтой. Уырызмæгæн нымæт ады- дæгътæ кодтой, дурыл ын æй æрæвæрдтой æмæ æрбадти фынджы сæр Уырызмæг. Æрбадтысты иннæтæ дæр. Сабыр уыди Хæзмыбыдыр. Зырнæджытæ тахт фесты мæ. Æрмæст ма Хылыдоны æнæнцой гуыр-гуыр цыди бы- нæй, арф кæцæйдæр. Фарнæг æмæ Арци иуварс лæууыдысты фынгæй æмæ къухаууонæй кастысты, дон къæдзæхы сæрæй сырх пил- лонкалгæ æртытæ куыд скъæфта, уымæ. Исидæ æмæ Æдисæ суангæн уыцы фарс лæууыдысты чындзхæссæг лæппутæ ’мæ чындзæмбал чызджыты ’хсæн. Фарнæг-иу рæстæгæй- рæстæгмæ йæ цæст æрхаста Исидæйыл. Хорз ыл фидыдта урс-урсид чындздзон дарæс æмæ йæ зæрдæ йе ’хсызгон хъыдзыйæ нал æнцад. Чызг йæ сæр бæрзонд дардта, йæ кæлмæрзæны къабаз куыд айхæлди йæ хъуырæй, йæ риуыл куыд æрхауд, æмæ йæ хъуыр куыд райгом, уый нæ хатыдта. Æмæ та-иу ын андæгъдысты Фарнæджы цæстытæ йæ хъуы- рыл — даргъ хъуыр, зырнæджы хъуыры хуызæн, æмæ урс-урсид, цæстытæ йыл тыбар-тыбур кодтой йæ фырурсæй. — Хæстæгдæр-ма йæм ссæуæм уыцы суадонмæ — уый дзы цы хуызæн æртытæ судзы! — йæ къух йе ’рфыджы сæрæй æриста Арци æмæ йæ уæлæмæ адардта æхсæрдзæны ’рдæм. — Дæу йеддæмæ никæй фæнды хæстæгдæр ссæуын, æнхъæл дæ! Акæс-ма далæ! — бадзырдта йæм Фарнæг. Арци азылд дæлæмæ æмæ кæсгæйæ баззад: чындзхæс-
Нарпгы Фарнæг 301 джытæй фынгыл чи нæ бадти, уыдон чызгæй-лæппуйæ уырдыг лæууыдысты Хылыдоны был, сæ фæсонтæ донмæ здæхт, се ’ргæмттæ уæлæмæ, суадоны ’рдæм арæзт, сæ рахиз æрмт- тæ се ’рфгуыты сæр æвæрд, афтæмæй æдзæм лæуд кодтой. Уыцы уысм Тыхыл сæ цуры балæууыд Фарнæг æмæ Арцийæн. — Уæлæмæ сæ фæнды, суадоны цурмæ, — йæ зæр- дæйы фидар гуыпп-гуыпп цыди Тыхылæн. Йæ цæстытæй цин ивылд æмæ хъоппæгæй баззадысты йæ цæстытæ. — Сæхи найын ма ’рымысой зырнæджытау, — йæ мид- былты бахудт Арци. — Уымæй дæр бæрæг нæй. Ахæм суадон у, æмæ дæм æппын куы нæ цæуа найын, уæддæр балæудзынæ уыцы фæлмæн æхсæрдзæны бын. — Чындзыты дæр фæнды? — йæ цæст æрныкъуылдта Тыхылмæ Фарнæг. — Чындзыты — ноджы тынгдæр! — йæ ехс фæхъил код- та Тыхыл, æрриуыгъта йæ, æмæ йæ къæрцц фæцыди ехсæн. Фарнæг æмæ Арци дæр сæхиуыл ахæцыдысты. Сæ цæсгæм- ттæ уæлæрдæм арæзт уыдысты, фæлæ цы доныбылты цы- дысты, уый йæ къаннæг уылæнтæ кæрæдзийыл бийгæ-здухгæ куыд згьордта дæлæмæ, уый дзæбæх æвзæрстой. Æххæст нæма схæццæ сты суадоны размæ, афтæ ауыд- той: къæдзæхы тенка сæрæй раскъæфта æхсæрдзæн дыууæ зырнæджы. Куыддæр фæдæле сты къæдзæхы сæрæй, афтæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой — сæ даргъ къæхтæ кæрæд- зимæ фæцарæзтой, сæ бырынчъытæй кæрæдзийы дæллаг- хъуыртæм фæлæбурдтой, сæ базыртæй кæрæдзийыл тъæпп- тьæпп ралæууыдысты. Донæн йæ фæлхъæзæн сдыууæрдæм, цыма йыл къæдзæхы рæбын цы байбын уыди, уырдыгæй уад-дымгæ сыстади — йæ судзгæ æртытæ судзгæ æхсидæв- тæй тахтысты фæйнæрдæм. Уæдмæ зæхмæ æрхаудысты зырнæджытæ, исдуг сæ къубæлттæ кæрæдзимæ ныййивæзтой, стæй сæхи ныццавтой кæрæдзийыл, стымбыл сты, чи сæ кæцы уыд, уый бæрæг нал уыд, афтæмæй хæрдмæ схъиудтой æмæ фæстæмæ зæххыл æмбæлдысты. Тыхыл сæм доны сæрты багæпп кодта, ех- сæй сæм бавзыста, фæлæ йæ уыдон хъуыды дæр не ’ркодтой. Уæд сæм нывнæлдта, кæрæдзийæ сæ фæхицæн кодта æмæ сæ йæ дыууæ дæлармы систа. Зырнæджытæн сæ дæллаг-
302 Хуыгаты Сергей хъуырты туг калд. Тыхыл сæ дыууæ доны иугай баппæрста, æмæ дæттæ сабыр хæл-хæл кодтой, цыма сæ ’рсабыр кæ- нынмæ хъавыдысты, уый хуызæн, афтæмæй сæ аскъæфтой уым дæлæмæ, суангæн йæ фæйнæфæрсты. Тыхыл йæ фæдджиты дон цæгъдгæ схызти, Фарнæг æмæ Арци кæм лæууыдысты, уыцы былмæ. — Цыдæр фыдбылыз нæм кæсы, — бахудти Тыхыл, — цæмæ нæм гæпп кодтой, уым сæ цы нæ уагъта кæрæдзийы хъуын-хъис хæрын, уæле, суадоны сæр! — Æмæ уым куы хордтаиккой кæрæдзийы хъуын-хъис, уæд нæм цы фыдбылыз кæсы, уый дæр бахордтаиккой? — бахудти Арци дæр. — Кæд нæм хорзæй исты кæсы æмæ нæм уый фидиуæг фесты, уæд та? — Туг кæм ныккæла, уым ма хорзæй исты разына! — Ма зæгъ, ма. Туг кæм ныккæла, уым ноджы хуыз- дæр зыны хæрзиуæг. Хуыздæр дзы фидауы. Æнæуи дæр доны дыууæ былы хуызæн сты фыдбылыз æмæ хæрзиуæг. Æмæ дон дыууæ былы æхсæнты куыд цæуы, афтæ у цард дæр — уый та фыдбылыз æмæ хæрзæбоны ’хсæнты цæуы афтæ. Æмæ доны раз цæлхдур куыд фæвæййы æмæ ин- нæрдæм куыд фæкъæдз вæййы, афтæ цард дæр ракъæдз- бакæдз кæны фыдбылызæй хæрзæбоны ’хсæн. — Арци бахудти. — Ныхасыл куыд сбæндæн дæн. — Фæлæ мæм диссаджы уды хицау кæсы ацы зырнæг, — уæздан æмæ сæрылхаст. Уый уалæ сæ тахтыл дæр бæрæг у. Куыд бæр- зонд сисынц сæхи æмæ куыд рæсугъд фæцæйтæхынц — æрттигъы хуызæн цæхæркалгæ. Раст цыма тæхын куыд хъæуы, уый февдисынц æгас дунейæн. Сæ зæххон рæсугьд гакк схæссынц арвмæ дæр семæ. Ныр мæм мæ зæрдæ цы дзуры: ам куы уыдысты, уæд цæуылдæр нæ бафидыдтой ацы дыууæ зырнæджы, цыдæр маст сæ бацыд сæ кæрæдзийæ. Уæддæр сæ алчи атахти дарддæр йæ дзугимæ — йæ бынат афтидæй куыд ныууагътаид! Стæй фæстæмæ æртахтысты, куыд фæзæгъынц, сæ хæстæ фидынмæ. — Æмæ суадон цæмæн равзæрстой сæ хæстæ фиды- нæн, сæхи уыцы тавицы над кæм фæкæнынц, уыцы суа- дон? — Уый дæр дзæгъæлы нæу. Кæд ам сæхи куы надтой сæ суадоны, уæд сæ иу фæзулдзых се ’ннæмæ. Кæд сæ иу кæимæ надта йæхи, уымæ иннæйы зæрдæ ’хсайдта.
Нарты Фарнæг 303 Цы нæ вæййы зырнæджыты дунейы! Кадыл мард у зырнæг. — Æмæ йæ уæд лæг куыннæ бафæзмгæ фæвæййы?! Æнæуи фæзмæгой куы у? — Фæзмæгой у лæг, раст зæгъыс. Фæлæ йæ хин йæ разæй цæуы лæгæн æмæ йæ алы ран фæзмын нæ уадзы йæ хин, фæтылиф æй кæнын кæны йæхи. Фарнæг чысыл æддæдæр лæууыди, хъуыста сын сæ ныхасмæ æмæ хъуыды кодта — кæд цас дарддæр æфты лæг сырдтæ ’мæ мæргъты дунейæ, уыйас мæгуырдæр кæны удыгъæдæй? Кæд кадавардæр æмæ гамацыкдæрмæ цæуы? Æмæ ма уæд ноджы куы адард уа уыцы дунейæ, уæд цы бауыдзæн? Æмæ йæ уæд цы нæ уадзы æнæ цæугæ? Цавæр фыдбылызы тых ыл дзы æнцайы æддæмæ? Æмæ æниу уый дæр зæрдæзæгъгæ кæм у, сырдты дуне дæр! Чи сæ куыд къæбутджындæр æмæ дæндагджындæр у, афтæ — хицау- дæр. Кæм и раст дуне, сыгъдæг дуне ацы дунейы! Иннæтæ ивылдысты къордтæ-къордтæй дæлæмæ, аф- тидæй-афтиддæр кодтой сæ лæууæнтæ. Тыхыл дæр фæ- цæуыныл. Арци æмæ ма Фарнæг уæддæр лæууыдысты, куыд лæу- уыдысты, афтæ — кæрæдзийæ гыццыл дæрддзæф. Афтæ- мæй æнæнхъæлæджы ауыдта Фарнæг — уæлæ къæдзæхы сынæг рагъы кæм баныхст, уым тæккæ рындзыл лæууы иф- тыгъд бæх, сау бæх, йæ мæргъгæйы æргъæвджытæ хурмæ цæхæртæ калынц. Хизгæ нæ кодта бæх, йæ сæр бæрзонд дардта, цыма Хæзмыбыдыры сæрты дард кæдæмдæр хъуыста. Фарнæг Арцимæ бакаст — кæй бæх уа æмæ кæцæй фæуыдаид?! Науæд æй нырмæ æнæ фенгæ куыд фес- ты?! Бæхæй йæ цæстытæ нæ иста, афтæмæй ауыдта йæ цæсты кæронæй — æхсæрдзæныл цы æртытæ хъазыд, уыдоныл цыдæр тæрк змæлд бафтыд, сæ иугъæдон хъаз- гæ змæлд фехæлд æмæ уыдонмæ аздæхта йе ’ргом — адоныл та цы ’рцыди?! Æмæ уæд æхсæрдзæны тæнæг фæлдзæгъдæныл цы сырх æртытæ сыгъд, уыдоны æх- сæн ауыдта дæргъæй-дæргъмæ урс-урсид арт. Æмæ та кæсгæйæ баззади уымæ дæр — уæдæ ма искуы урс арт дæр уыди! Хæстæгдæр куыд балæууыд æхсæрдзæнмæ, афтæ ауыдта: уыцы урс арт чи уыд, уый сгуыпп кодта, иннæ æртытæ асыгъта, стæй иуæрдæм фæуылæн кодта æмæ арт нал, фæлæ æндæрг фестади, удæгас æндæрг.
304 Хуыгаты Сергей Раст алæууыд, йæ уæлæ къаба æртъыста, йæ фæрстыл ын æрхæцыд, йæ уæрджытыл æй æривæзта. Æмæ йæ сæрыхъуынтæ арц абадтысты Фарнæгæн — кæмдæр ма кæйдæр куы федта афтæ æртъысгæ йæ уæлæ къаба, йæ фæрстыл афтæ ’рхæцгæ, йæ уæрджытыл афтæ ’ривазгæ? Фæлæ кæд? Фæлæ кæй?! Уæдмæ æхсæрдзæны тын фес- къуыд æмæ, судзгæ хæдзары дуарæй куыд рагæпп кæнынц, афтæ рагæпп кодта уыцы урс-урсид æндæрг, йæ урс дзык- кутæ æхсæрдзæнау акалдысты йæ фидар уæхсчытæ ’мæ фæсонтыл. Цæстыфæныкъуылдмæ айнæджы фаллаг фи- сыны балæууыд, уым уадау стахт, бæхы барц ацахста æмæ йе рагъыл февзæрди бæхæн. Гæпдугъæй ахаста йæхи бæх Тæлæгты быдыры. Фарнæг æхсæрдзæны бын амидæг — дон йæ сæх-сæхæй фæлæууыд — фаллаг фарсмæ багæпп кодта, къæдзæхы сынæгыл сызгъордта æмхæрд, бæх кæм лæууыд, уыцы ранмæ схæццæ, æмæ йæ хъæр нæргæ ацыд Тæлæгты быдыры рæбынты: — Мæргъуанæ!.. Фарнæджы бæх куы ’рлæууыд, уæд Уæрхтæнæг иу- цалдæр къахдзæфы аразæй, уым йæ бæхы æрдæгзылд ра- кодта, æрлæууыд бæх, æмæ фæстæмæ касти Фарнæгмæ Уæрхтæнæг. Уым сæ баййæфтой Тыхыл æмæ Бырсæг. Сæ лæудтытæ цыдæр зæрдæхсаинаг уыдысты. Уæрхтæнæг ма — гъо! Уым райгуырди Хурыбыдыры, уым бахъомыл æмæ йæ уымæн уый æфсон кодтой — йæ сонтыбонтæ æрымы- сыди, æмæ уæд цы ’нæгъуызон лæуд æркæндзæни лæг! Фæлæ а Фарнæг та цы кодта?! Æниу Фарнæгыл уыйас бæрæг ницы зынд, фæлæ йæ лæппутæ уæддæр хатыдтой — йæ гаччы нæй. Бадти Уæрхтæнæг æмæ гуыбырæй-гуыбырдæр кодта сар- гъыл. Фæхæццæ, дам, мын кæн мæ уæсиат: æмæ ма йын уæсиаты хуызæн дæр куы уыдаид. Уæсиат — фæдзæхсгæ ныккæнынц искæмæн исты. Уый та йæ лыг акодта — æф- сир, дам, нæ рафтаудзынæ, Нарты зæххыл, дам. Æмæ цæ- мæннæ рафтаудзынæ æниу æфсир дæр, сыгхъæлæс куы у ныридæгæн! Æгас уæзæг куы сфидыдта, сæ азырон чын- дзæн йæ къабатæ уынгæгад куы райдыдтой, уæд. Ныр ын зæнæг кæнын дзæбæх бантысæд, æмæ йæ зæйц бæзджын рацæуæд, уыййеддæмæ ма æфсир æфтыдыл сыкъатæ вæййы!
Нарты Фарнæг 305 * * * Цæмæ æрцæуы Хæзмыбыдырмæ, цы ми дзы фæкæны? — йæ хъуыдыйæ нал хицæн кодта Фарнæгæн Мæргъуанæ. Кæцæй æрцæуы? Цымæ уæд æцæг фæлыгъд сæ хæдза- рæй, уыцы æхсæв? Фæлыгъд, æвæццæгæн. Раиваз-баива- зыл чи схæца, ахæм чызджы каст нæ кодта — йæ алы фезмæлдыл дæр бæрæг уыди, йæ сау цæстытæ цы сау тæ- мæнтæ калдтой, уымæй дæр. Æмæ ма сæм уæд кæцæй фæзындаид, дыккаг хатт сæм куы бахауди, Уæны фæдыл куы ацыди, уæд?! Æндæр сын чи баххуыс кодтаид, чи марди сæ мæтæй?! Сæ дæндæгты фыдтæ куы ’рбырыдысты туг- мондагæй! Намæ Уæрхтæнæг! Уый дæр Мæргъуанæ фæ- хæццæ кодта уыцы лæгæтмæ. Хæринаг æмæ йын дон дæр уый хаста уырдæм. Йæхæдæг æй куы дзырдта Уæрхтæ- нæг, урс, дам, уыд, зæды хуызæн, дам. Нæ, фæлæ урс цæмæн афтæ тагъд суыдаид? Кæд æй лыгъд уды хъизæ- майраджы цард сурс кодта! — Æмæ та-иу арф ныуулæ- фыд Фарнæг. — Ныр уыдон хъарм къонайы фарсмæ ’рба- дынц æртæ лæгæй, уый та кæд йæ сылыстæджы уд искуы талынг лæгæтты раппар-баппар кæны?! Кæд æххормаг дæр баззайы, кæд æргъæвсгæ дæр бакæны? Уæд куыд ных- хизы уыдонæн хъарм къæбæр сæ хъуыры?! Фæлæ кæд ахоргæ дæр скодта йæ дзыккутæ? Айгуырты сылыстæг, дам, зоны ахорæнтæ аразын. Æмæ йæ хъæугæ цæмæн ба- кодтаид йæ сау дзыккутæ урсы ахорыны сæр? Кæд йе ’взон- джы бонты фыдæнæн? Кæд уыцы талынг æхсæвы фыдæ- нæн, йæ зæрдæйы фæндиæгтæ дзы кæй не сæххæст сты, йæ цинтæ дзы кæй нæ райхæлдта, уыцы талынг æхсæвы, афтæмæй уатæй куы сыстад æмæ йæ къаба йæ уæлæ куы ’ртъыста... Æмæ та-иу нæуæгæй йæ^зæрдыл æрбалæууыди уыцы æхсæв. Куыд-иу бахудти! Йæ былтæ-иу базмæлыдысты, йæ бæзджынгомау æнгомæвæрд былтæ, æмæ-иу йæ урс- урсид дæндæгтæ уыцы фидар рæгъæй абадтысты кæрæ- дзийы фарсмæ. Цас фæныхæстæ кодтой, кæдæмыты нæ ахæццæ сты! Цыма, куы сæмбæликкой, уымæ бирæ фа- цæттæ кодтой сæхи. Стæй фæрсæй-фæрстæм талынг уынг- ты — айгуырты уынгтæй талынгдæр уынгтæ, æвæццæгæн, нæй зæххы цъарыл. Æмæ уыцы талынгæй дæр хицæн код- 20 Хуыгаты Сергей
306 Хуыгаты Сергей той йæ сау дзыккутæ, æмæ сатæгсау æрттывд кодтой йæ сау цæстытæ. — Ныр ды ам уæлæмæ ацæудзынæ, æз — ам дæлæмæ, — Мæргъуанæйы хъæлæс рызти, æмæ, кæй рызти, уымæй иуæй æнкъард кодта хъæлæс, иннæмæй та фидар, æнæба- сæттон. — Ды — амдæлæмæ?! Ома, куыд дæлæмæ ды? — чыз- гæн йæ цонгмæ куыд бавнæлдта, уый не ’рхъуыды кодта Фарнæг. — Рагсом дæу куы нæуал ссарой, уæд мæн дæр куыд нæуал ссарой, афтæ. — Æмæ ды та кæдæм хъуамæ ацæуай? — Дуне — уæлгоммæ, — уый никуы фехъуыстай? Уыйас дæр дæ дзы хъæуæд афтид бынæттæ. — Æз хъазгæ нæ кæнын, æз дæ æцæг фæрсын? — Æз дæр дын æцæг зæгъын. — Нæ, нæ, — йе ’ннæ цонгмæ дæр ын бавнæлдта чыз- гæн Фарнæг. — Уæд ды мæн тыххæй цæуыс, мæн кæй рауагътай, уый тыххæй, æмæ уæд фæстæмæ здæхын æз. Никуыдæм цæуын уæд æз. — Фæстæмæ здæхæнтæ æхгæд æрцыдысты дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр. Баззади ма нын фæйнæ фæндаджы — дæуæн уæхимæ, мæнæн — нæхицæй. — Нæ, нæ! Æз афтæмæй никуыдæм фæхæццæ уыдзынæн. — Хæццæ фæуыдзынæ. Фæлæ дæ зæрдыл дар: мæ тæ- ригъæдæй æфсир нæ рафтаудзынæ. Æмæ мæн аххос нæ уыдзæни уый — æз дыл не схъардтон мæ тæригъæд. Уый мæнæй йæхæдæг фæхицæн, мæлæг адæймагæй йæ уд куыд фæхицæн вæййы, афтæ. Æмæ сæм уæд йæ хъус ницы бæрæг æрдардта уыцы ны- хæстæм йæ тыхстæй, мидæмæ йæм нæ бахъарыдысты, йæ зæрдæйы ауындзæнтыл нæ аныдзæвыдысты. Ныр талынг лæгæты исчи судзгæ æхсидав куыд сдара йæ сæрмæ æмæ уыцы судзгæ æхсидав куыд аздаха лæджы æнгас йæхимæ, афтæ йæ аздæхтой сæхимæ уыцы ныхæстæ. Æмæ уæд Исидæ та? Уæд уый дæр нæ рафтаудзæн сыфтæр, Исидæ дæр?! Æфсир иунæгæй ничи æфтауы, æфсир дыууæйæ иумæ фефтауынц. Æмæ уæд цы у Мæргъуанæйы тæригъæд Иси- дæиы тæригъæды цур?! Æмæ сын уæдæ уымæн кодта уыцы æххуыстæ хæдзары дзагæй?! Йæ цæсгом сыгъдæг кодта,
Науты Фарнæг 307 йæ азым йæ зæрдæмæ куыд нæуал хастаид, афтæ?! Уæдæ сыл цæуыл йæ хъиутæ хордтаид æндæр?! Æниу цы йæ тæригьæды бацыди? Йæхицæн хуыздæр^куыд уа Мæр- гъуанæйæн, ууыл куы уыди йæ тыхст. Йæхицæн йæ уд рагьæнмæ хизинаг куы фæци Фарнæгæн. Уæддæр æй уыцы рагон æгъдау æрцардта, уый йæ сахуыр кодта йæ мондæгтыл фæстæмæ хæцын. Цал æмæ цал æхсæвы арвыста сæ дард рæздарæнты иу нымæты бын искæй чызгимæ! Æмæ йæ сомбон хуыздæр куыд уа, Мæргъуанæйæн, ууыл архайдта. Фæлæ, æвæццæгæн, иу ран хорзыл нымад цы у, уый хорзыл нымад нæ цæуы иннæ ран. Уый фæстæ йæм æрцыдысты уыцы ныхæстæ Фарнæгмæ, чындзæхсæвæй куы ’рсабыр сты Борæтæ æмæ йæ цин йæ зæрдæйы куынæуал цыд æмæ йæ хъуыры бадын куы бай- дыдта, уæд. Æрцыдысты йæм, лæгмæ йæ зæронд хæс- джынтæ куыд æрцæуынц, афтæ. Йæ зæрдæйы дуармæ æрлæууыдысты æмæ йын йæ зæрдæйы фæндтæ нал иуæрдæм уагътой азмæлын, нал — иннæрдæм. Æмæ ныхъхъуыста йæ зæрдæмæ. Æмæ дис кодта — лæгæн йе ’намонд йæ амонды æрцыдмæ цæмæн фæкæсы?! Лæг йæ амондыл куы фæхæст вæййы, уæд йе ’намонд дæр йæ сæрыл цæмæн схæцы калмау? Уæдæ лæг хъуамæ йе ’намондæй тæрсгæйæ амондмæ мауал бабæлла? Лæгæн йæ амонд хъуамæ йе ’мгæрæтты мауал ацæуа æнæ йе ’намонд? Йæ амондæн хъуамæ хъузон бæхау йæ фарсмæ цæуа йе ’намонд? Æмæ уæд сфæнд кодта — фæцæуа Хæзмыбыдырмæ, кæд ыл искуы сæмбæлид Мæргъуанæйыл. Аныхæстæ кæ- нид йемæ, уæд уыцы изæр куыд ныхас кодтой, афтæ. Уымæн ницуал хос и, æвæццæгæн, тæригъæдæн, фæлæ — уæддæр. Чи зоны, йæ зæрдæ истæуыл фæлæууид. Уæдæ даргъкъахæй куыд бада?! Исидæмæ йæ цæсгом равдисын куы нæуал фæразы. Иу изæр Хуротæм бауад. Тыхыл дуармæ къуыдырыл бадт æмæ цæвæг цагъта. Фарнæг йæ разы æрлæууыд. — Мæн Хæзмыбыдырмæ цæуын бахъуыд. — Цы дын дзы баззади? — уæлæмæ йæм скасти Ты- хыл. — Зырнæджытæ раджы куы атахтысты. Стæй æнæуи дæр дæуæн æгъдау нал амоны уырдæм цæуын, — Тыхылы цæсгом бахудызмæл и. — Æз æцæг зæгъын.
308 Хуыгаты Сергей Тыхыл æм æдзынæг касти. — Уæд иумæ цæуæм. — Иумæ цæуæн нын нæй. — Цæмæннæ? Фарнæг йæ разы дзуццæджы æрбадти. — Стæй Исидæйы æнцой чи балæудзæн. Дæхæдæг дæр- иу æм суай, Гуарæйы дæр-иу æм сæрвит Хуроимæ. Гыц- цыл Хуройæ дын зæгъын, — бахудти Фарнæг. — Хорз, хорз. Исидæйы мæт ма кæн. Фæлæ цы ’рцыд, уый нæ зæгъдзынæ? — Куы ’рцæуон, уæд. Хорз? — Хорз фæуæд, кæд мæм афтæ хорз нæ зыны, уæддæр. Зырнæджытæ хъарм бæстæй ууыл ратæхынц, Хæзмы- быдырыл. Дзугтæ-дзугтæй æрбадынц хицæн æмæ хицæн рæтты, сæ цины зарджытæ ’мæ сæ базырты хъæлдзæг æмдзæгъдæй райхъал вæййы Хæзмыбыдыр. Æмæ дзæбæх куы райхъал вæййы, уæд сæхи найын æрымысынц зыр- нæджытæ. Уыдæттæ хорз зыдта Фарнæг. Бирæ бонтæ арвыста уым суангыл лæугæйæ. Уый фыдæлтæй баззад, уыцы æгъдау — зырнæджытæ Хæзмыбыдырмæ æртæхынц, уæд-иу Нартæ ’мæ чынты лæппу мæ чызг фæсивæд агуылф кодтой уырдæм. Лæппутæ — бæхтыл, чызджытæ — галуæрдæттыл. Семæ галскъæрæг æмæ галгæс лæппутæ. Бæхджынтæ-иу раздæр ныххæццæ сты æмæ-иу мусонгтæ сарæзтой чызджыты ныц- цыдмæ. Хурыскастæй Хурныгуылдмæ уырдыг лæууыдысты суангыл, сæ æрмттæ-иу се ’рфгуыты сæрмæ сæвæрдтой — хур сæм комкоммæ каст суангмæ æмæ сæ æнæуи кæсын нæ уагъта суадонмæ. Суангыл нæ цыдысты æмæ-иу кæ- рæдзимæ æнгомæй-æнгомдæр кодтой, кæрæдзийы улæфт- иу сæм хъуыст. Æмæ-иу хъуыстой кæрæдзийы улæфтмæ лæппуйæ-чызгæй, сæ улæфтмæ гæсгæ æмбæрстой сæ кæрæдзийы зæрдæйы уаг. Стæй-иу куы æрыздæхтысты Хæзмыбыдырæй, уæд-иу минæвæрттæ æмæ цыты уазджытæ æмызмæлд кæнын байдыдтой Нартæ ’мæ Чынты уынгты. Найгæ дыгæйттæй фæкæнынц сæхи зырнæджытæ. Дзу-
Нарты Фарнæг 309 гæй фæхицæн уыдзысты, кæрæдзийы алыварс æрзилдзыс- ты сæ тавицы зылдæй, стæй фæтъæбæртт кæндзысты, æхсæрдзæны бынмæ батæхдзысты, уым фæйнæрдæм айтындздзысты сæ базыртæ, сæ даргъ къубæлттæ ный- йиваздзысты размæ. Æмæ сын æхсæрдзæн уыцы æмдзæгъд- гæнгæ сæх-сæх сисдзæн сæ базыртыл. Æмæ тæхгæ ленчы- тæ райдайынц уыцы фæлмæн сæх-сæхы бын. Сæ базырты зилгæ æмдзæгъдæй æхсæрдзæны фæрчытæ схъиуын рай- дайынц фæйнæрдæм судзгæ æхсидæвтау. Сæ дзыхтæ сæ фыр æхсызгонæй æрдæггом бавæййынц æмæ, сын æрмæст сæ кæрæдзимæ куыд хъуыса, афтæ æнахуыр уайсадгæ хъуыр- хъуыр фæкæнынц. Лæууыд Фарнæг суангæн йæ тæккæ рагъыл æмæ къухау- уонæй касти уæлæмæ, зырнæджыты суадонмæ. Кæд та йыл ссудзид уыцы дæргъæй-дæргъмæ урс арт, кæд та фескъуыид æхсæрдзæны тæнæг фæлхъæзæн, æмæ дзы уыцы бон цы урс-урсид æндæрг рагæпп кодта, уый та дзы рагæпп кæнид ныр дæр. Фæлæ нæй — æхсæрдзæн уыцы тæнæг тынæй хауд къæдзæхы тенка сæрæй æмæ бынæй фæлдзæгъдæн кодта. Скаст-иу ын Фарнæг, йæ бæх кæм лæууыд Мæргъу- анæйæн, уырдæм дæр. Уым ныр йæхи бæх уыд, уыцы ран æрхызт йæ бæхæй æмæ йæ уым ныууагъта. Фæлæ уымæн уыцы уырдьЕг лæудæй нæ лæууыд æмæ æнхъæлмæ кæсæджы каст нæ кодта йæ бæх. Уымæн сахсæнтæ æвæрд уыд йæ бæхыл æмæ хызти йæ бæх. Каст æхсæрдзæнмæ æмæ æнæнхъæлæджы йæ цæстыл ауади Исидæ. Уæд уыдоны хуссары куы уыдысты сæ хуымы кæрон, афтæмæй. Иæ зæрдыл æрбаллæууыд сæ ныхас дæр. Цæмæй йæ нæ фарста уæд! Ныр сæ цыдæр тас зынын байдыдта Фарнæгмæ уыцы фарстытæй дæр. Мад уæле лæууыди ауæдзы сæр, тауинаджы къæссатимæ, уыдон та дзæкъулты хастой тауинаг, чызджытæ Фарнæг æмæ Арцимæ. Фæстаг дзæкъул æм куы ахаста Фарнæгмæ Исидæ æмæ йын дзæкъулы бæттæнтæ йæ уæхскыл куы кодта, хуымтауæгæн куыд конд вæййынц дзæкъулы бæт- тæнтæ йе уæхскыл, афтæ, уæд йæ гыццыл къах дзыхъхъы мидæг фæныхсти æмæ фæцудыдта Исидæ. Фарнæджы цонг фестъæлфыд, чызг фæхæцыди цонгыл æмæ ныссабыр и Фарнæг, цыма зæрватыкк абадти йæ цонгыл æмæ, куы фезмæла, уæд куы апæррæст кæна, уымæй йын тарсти.
310 Хуыгаты Сергей Исидæ уæддæр дзæбæх нæма слæууыд, йе ’нгуылдзтæ зæрватыччы къæхтау бауадысты цонгыл, армытъæпæнмæ бахæццæ сты, андзыг сты армытъæпæныл æмæ урс диди- нæджы цупалы хуызæн зынди Исидæйы къух Фарнæджы стыр армыл. Уæдмæ дзæбæх слæууыди Исидæ, йе ’рмахуыр цæстытæй æнахуыр хъуызгæ каст скодта Фарнæджы цæстытæм. — Æццæй, нартæ фыдадæм сты? — Чи загъта! — йæ цæстытæ фæирд сты Фарнæгæн. Йæ зæрды уыд — хъазынмæ йын аздаха йæ фарст, фæлæ йæм лæгъстæйы хуызæн цыдæр зынд чызджы фарсты æмæ лæугæйæ баззад. Уæле уырдыгмæ касти чызгмæ, уыдта йын йæ дæргъæццон уадул æмæ йæ гыццыл хъус. Хъусыл нæуæг мæйы хуызæн зылд хъусцæг ауыгъд. Хуры тынтæ йыл амбырд сты хъусцæгыл æмæ йыл гыццыл арт бан- дзæрстой. Æмæ бандзыг и уыцы арты мидæг хъусцæг. — Фыдадæм не стæм. Æнæхатыр стæм. Нæ маст уро- мын нæ зонæм æмæ фегæр вæййæм. — Цымæ цæмæннæ зонут уæ маст уромын? — Зын зæгъæн у уый. Æвæццæгæн нæ туджы аххос у — нæ коммæ нал фæкæсы. — Цымæ цæмæннæуал фæкæсы уæ коммæ уæ туг? — Уый нæ царды уавæртæй цæуы. — Æмæ царды уавæртæ зынынц тугыл? — Зынынц ыл, куыд нæ йыл зынынц. Адæмæн сæ туг дæр сæ царды уавæртæм гæсгæ у æмæ сæ зонд дæр. Адæ- мыл гакк йæ царды уавæртæ æвæрынц. — Æмæ сын афтæ æвзæр сты сæ царды уавæртæ нартæн? Цы сын кæнынц сæ царды уавæртæ? — Уый дардыл дзуринаг у, — йæ сæр иуырдæм æркъул кодта Фарнæг. — Мах стырзæрдæ адæм стæм — уый нын фыдæлтæй баззад æмæ нæ сæфтмæ æртардта, стырзæрдæ кæй стæм, уый. Йæ цæфыл нæ ницы риссы, стæй нæм уый фæстæ та æгæр бахъары. Сæхсидын нæ кæны. Чызгæн йæ цæстытæ хъоппæгæй баззадысты, афтæмæй касти Фарнæджы цæсгоммæ. — Бирæ зæххыты хицау уыдыстæм, сæ бахизыныл нæ батыхстыстæм. Ныр ма нæ уæлæрмттæм дæндагæй лæбурæм. Нæ зæххытæ не стырзæрдæйæ цы адæмтæн фæлæвæрд- там, хуым тауын æмæ кард сæрын махмæ гæсгæ цы адæм-
Нарты Фарнæг 311 тæ базыдтой, уыдон ныр нæ сæфтмæ кувынц. Хардзау сæм кæсы, сæ фыдæлтæй сын зæххытæ кæй нæ баззад æмæ мах зæххытыл к’^æй цæрынц, уый. Стæй хуым тауын дæр æмæ кард сæрын дæр махмæ гæсгæ кæй базыдтой, уый дæр. Мах куы нæуал уаиккам, уæд сын уыцы хъуыддæгтæ сæ цæстмæ бадарæг нал уаид æмæ æрцæриккой. Æмæ цы нæ фыдгæнд аразынц? Лæбурынц нæм, нæ ацæуæнты нын уæрмытæ къахынц, амынæттæй нæ кæнынц. Ацу ’мæ ма сыхсидæд дæ туг афтæмæй! — Дæуæн дæр сæхсиды дæ туг? — Цæмæннæ. — Æмæ цы ми фæкæныс, куы сыхсиды дæ туг, уæд? — Æруазал æй кæнын, — йæ мидбылты бахудт Фарнæг. — Куыд æй æруазал кæныс? — Мæ царды хорзæй цы уыди, уый æрхъуыды кæнын, цин кæнын ыл байдайын æмæ æруазал вæййы мæ туг. Нырæй фæстæмæ ма искуы куы сыхсида мæ туг, уæд-иу абоны бон æрхъуыды кæндзынæн. Ацы рæсугъд бон, хуымтауæн бон. Æмæ-иу уайтагьд æруазал уыдзæни мæ туг. Чызг фестъæлфыд, йæ къух аскъæфта æмæ афтидæй аззади Фарнæджы арм. Уæддæр афтæ лæууыд уæлгоммæ фæлдæхтæй, сыгъдæг арм, цыма йын Хуыцау исты хæрзиуæг баныфс æвæрдта, æмæ йæ хоры тæф калд. Стæй æркаст йæ арммæ, æрбатымбыл æй кодта, дзæкъулы комы йæ атьыста æмæ алæгæрста хуымы йæ фидар, йе стыр къахдзæфтæй. Йæ къух-иу дардыл ныззылд, æмæ-иу тауинаг æмхуызон пырхæй фæцæйтахти хуыммæ. Исидæ йæ фæдыл цыд æмæ афтæ зынд: цæмæйдæр ма йæ фæрсынмæ хъавы, нырмæ йæ цæмæй фарста, уыдонæй ахсджиагдæр чи у, ахæм цæмæйдæр æмæ йæм йæ ныфс нæ хæссы. Хуымы кæрон æрлæууыди Фарнæг, æрлæууыди Исидæ дæр. Хуымæн йæ фаллаг кæрон та Арци æмæ Æдисæ æрлæууыдысты. Уыдон дæр фесты тыд. Фарнæг сæм каст æмæ уыдта: лæууыд Арци уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æмæ цыдæр дзырдта Æдисæйæн. Æдисæ йæ сæр йæ риуыл æруагъта, афтæмæй бандзыг Арцийы раз. Æмæ уыцы нывмæ кæсгæ-кæсын йæ зæрдыл æрбалæууыд сæ рагон æгъдау нартæн. Хуым-иу тыд куы фесты, уæд-иу æй адæгæй нæ баластой, цалынмæ-иу хуымы кæрон лæг æмæ ус сæхи не ’руагътой зæххы уæлæ æмæ-иу æмуд не ’рцыдысты, уæдмæ. Уый сын афтæ амыд-
312 Хуыгаты Сергей та — хуым æмæ тауинаг дæр афтæ куыд æрæмуд уой, тауинаджы гагатæ афтæ куыд бауддзыд кæна зæхх, æмæ сæ иу дæр фæлгъуыды куыд нæ фæуа, се ’ппæт дæр куыд разайой æмæ фидар, тыхджын æвзартæ куыд суадзой. Фарнæг йæ мидбылты бахудт. Чызг ын ацахста йæ ба- худт. Цыдæр хинæйдзаг каст æм скодта уæлæмæ... Æваст бæхы мыр-мыр ратахти уæле, айнæджы сæрæй æмæ дæлæмæ атахти уыцы знæтæй, далæ Хылыдонырдæм. Фарнæг ныззылд — уæлæ йæ бæх йæ фæстаг къæхтыл ныллæууыд, йæ раззаг сахсæнæвæрд къæхтæ уæлæмæ си- ста æмæ зæбулæй аззадысты йæ къæхтæ. Йæ бæхы цур куыд балæууыд, уый нæ бахъуыды кодта, афтæмæй ауыдта Хæзмыбыдыр цы адагæй фæхицæн, уый тæккæ былтыл рацæйтахти иу сатæгсау бæх, йæ рагъыл та скъæфта урс- урсид арты тъыфыл, арт фæстæмæ ныттынг — бæхы тах- тæй цы дымгæ сыстад, уый йæ ныттынг кодта æмæ афтæ- мæй тахти размæ. Фарнæг йæ бæхы сахсæнтæ фелвæста, йæхи фехста бæхы рагъмæ æмæ йæ уыцы тæхгæ артмæ фæцарæзта бæхы. Арт ма иугыццыл бауад ададжы сæрты æмæ фæуырдыг кодта адагмæ. Тахти Фарнæг, фæлæ йæм дымгæ нынныхмæ и — ницуал ын æнтысти. Ададжы сæрмæ куы бахæццæ и, уæд сау бæх æмæ йæ рагъыл цы урс-урсид арт скъæфта, уыдонæн сæ кой дæр нал уыди. Куыд дарддæр цыдысты Нарты хуындзаутæ, афтæ фæ- стæгтæ фыццæгты æййæфтой. Сечъылæгæтмæ сæ бирæ нал хъуыди, афтæ иууылдæр бамбырд сты. Бырсæг æгъдæн- цæйттыл слæууыд, йæ арцыл бæрзонд схæцыд æмæ хъæ- рæй загъта: — Сечъылæгæты сабыр дзуæрттæ, баххуыс кæнут! 20 Фарнæг цыди Чынтæй. Йæ къах æй нæ хаста — æмæ кæй рахастаид йæ къах уыцы хъазтæй! Фæлæ йыл лæсæн рацыди, цины лæсæн. Цыди æмæ та-иу фæцудыдта, расыг лæг куыд фæцуда, афтæ æмæ худти. Уæдæ ма исчи цинæй цудгæ кæны уыййеддæмæ! Æниу æгæр цин цудын нæ — фæлдахгæ дæр акæндзæн лæджы.
Царты Фарнсег 313 Майрæмбон уыд æмæ гæнахы фæзы къух бакæнæн нал уыди фæсивæдæй. Хъазт а фæстаг рæстæджы алы май- рæмбон дæр арæзтой æфсымæртæ ’мæ чындзытæ — æгæр лыстæджытæ луæрста Зилæхурæ æмæ йын тæрсын бай- дыдтой, куы афæстиат уа. Уæддæр сæм ахæм хъазт никуыма уыди — йæ хъæр арвыл æмбæлди раст. Сæ удтæ рауæлдай кодтой, афтæ кафыдысты уый æппæт лæппутæ. Зилæхурæ дæр кафыди, куыд нæ кафыди! Афтæмæй иуафон сæ хъазт куы фæлæууид, раст цыма æрхæцгæ фæкодта. Фæлæууыди хъазт. Федзæм и. Æрмæст ма хъуысти, кафтæй чи рахызт, уыцы лæппуты тыхулæфт. Æндæр дунейы бын ницуал. Æмæ кæрæдзимæ фæрсæджы кæстытæ кодтой лæппутæ, цы ’рцыди, цæмæн æрлæууыд хъазт? Цы боны хорзмæ ма кæсынц, чи нæма ракафыди, уыцы лæппутæ?! Уæд базмæлыди Уæны фæндыр. Ныз- зыр-зыр кодтой йæ тæгтæ, кæрæдзийыл дудгæ-уыраугæ арауай-бауай кодтой, æмæ удфæлмæнгæнæн мыртæ æр- дзæтæ ’мæ сæдæтæй нымбу кодтой фæндыры мидæг, æмæ сæ улæфт фæрæуæгдæр и лæппуйæ-чызгæй — бамбæрстой, цæмæн фæлæууыд уыцы цъусдуг хъазт. Уæд ныззарыди Уæн, фæндыры æмбуар ацыди йæ зарæг, сиу и фæндыры хъæлæсимæ æмæ, тъыфыл цæргæс куыд стæха, афтæ стахтысты иумæ фæндыры зæлтæ æмæ зарæджы уылæн. Азылдысты фæзы сæрты, ныххостой гæнахы къултæ... Фарнæг иуварс лæууыд йæхи карæн лæппу-лæгтимæ. Уæны цагъд йæ хъустыл куы æрцыд, уæд талынгæй рухсмæ куыд фæцæуынц, афтæ æрмифицаутæ цæуæджы цыд акод- та иуварс, уым иу дурыл слæууыд æмæ кæсынæн æмæ хъусынæн бахъуыд, цы уыди, уымæй. Æмæ тахти зарæг чызгæй-лæппуйæ сæ сæрты æмæ йæм тавицы кастæй кæс- гæйæ баззадысты уæлæмæ: Хæзмыбыдыры аццытсе Тсехынц сæдæтæ-æрдзæтæй. Иууыл мсе зæрдсе ацырдæм, Ацырдæм иууыл мæ зæрдæ. Фæндырыл мин хъæлæсы базади — фæлмæн, зыланг- гæнаг хъæлæстæ. Иу сæ иннæйы ивта, иу сæ иннæйы æй- йæфта, иу сæ иннæйыл ныдзæвди, афтæмæй иу кодта семæ Уæны фидар хъæлæс. Æмæ чызгæй-лæппуйæ æдзæмæй-
314 Хуыгаты Сергей æдзæмдæр кодтой, сæ уæнтыл уæлдæрæй-уæлдæр хæцы- дысты, сæ цæстытæ ныкъуылынмæ сæ нал æвдæлди. Лæхъыбыдырмæ хуры тып Нæ фæхæццсе и — басасти. Никуы бафсæстæн хуры бын Дсе уындсей — никуы бафсæстсен\ Æмæ уæд фæхицæн и йæ авд чындзы ’хсæнæй Зилæхурæ. Рацыди, рацыди — нæ, йæхæдæг нæ рацыди, цыдæр æнæ- бæрæг тых æм февнæлдта æмæ йæ рахаста. Рахаста йæ Уæны размæ, уым алæууыд, æмæ хæрдмæ касти Уæны къухтæм, йæ зарæг былтæм æмæ нал бафæрæзта лæууын — ныззылди Уæны раз, стæй зилгæ-зилгæ ацыд хъазты фæл- гæт кæуылты амыдта, ууылты ’мæ фæстæмæ æрыздæхт Уæны размæ æмæ уæд йæ къахфындзтыл алæууыди Уæн. Фæндыр йæхæдæг — йæ иу къухы, йе ’рдынæг — йе ’ннæ къухы, афтæмæй азылди Зилæхурæйы фæстæ Уæн æмæ сфидыдтой иумæ, царв æмæ мыд куыд сфидауынц, афтæ. Цагъд æмæ зард кæрæдзийыл хæстæй зыланггæнгæ зил- дух кодтой сæ сæрмæ. Иу зылд æркодтой, дыккаг зылд кæронмæ нал ахæццæ — чызг фæлæууыд, йæ къабайы фæд- джитæ ма уæддæр зылдысты — куы æрлæууыдаид, уый сæ нæ фæндыд — фездæхт лæппумæ æмæ йæм бадзырдта барджын ныхасæй: — Азар! Уæн дзыхълæуд фæкодта, фæндыр йе уæхскмæ фæца- рæзта æмæ та кæрæдзийы ссардтой фæндыры тæнтæ æмæ æрдынæг — размæ бауади æрдынæг, фæстæмæ фездæхти æмæ лыстæг згъæлæнтæ баци, фæзы сæрмæ цы æдзæм æрцæйбадти, уый: Сехыгоппыл мын фæхауа, Йсе исы цæсты чи кæсы. Иу къæсыл дæ хал ысхауа} Дæ хал ысхауа иу къæсыл. Луанылæгæт — кувæндон, Дæ кувинæгтæ — дæ худы. Тæхуды уыцы иу фæндон, Уыцы иу фæндон тæхуды!
Нарты Фарнæг 315 Æмæ базыдтой, гæнахы фæзы чи уыд, уыдон лæппуйæ- чызгæй: Уæны хай фæци Зилæхурæ. Уымæ касти чынты номхæссæны рæсугъд, кæд ныццæгъддзæн æмæ кæд ныз- зардзæн Уæн йæ зарæг. Чызгæн йæ рацыдыл дæр бæрæг уыди уый. Йæ азылдыл дæр. Куыд нæ уыди бæрæг! Фæлæ ноджы бæрæгдæр та йæ ныхасыл уыди. Дзургæтæ-йедтæ дын кодта, цы, лæппутæм Зилæхурæ! Акафыд-иу, ныззылд- иу лæппуйы раз, цыма куыд хорз зилы, уый йын æвдыста æмæ-иу йæ бынаты балæууыд, йæ авд чындзы ’хсæн. Æн- дæр сæ йæ былы бынæй сым никæмæ схауди ныхасы охыл уый æппæт лæппуйæ. Уымæ та комкоммæ бацыди, Уæн- мæ, æмæ, дам, азар! Мæнæ-иу ахæм номдзыд чызджытæ усгурты лæджыгъæд сбæрæг кæныны тыххæй æнæхъуаджы бирæ сырдтæ куы æрдомдтой — авд-авды сæрджын сагтæ, авд-авды гал-дзæбидыртæ, авд-авды ноджыдæр æндæр исты сырдтæ, стæм чи у, ахæмтæ. Уыдон-иу йæ ирæды бæсты уыдысты. Ам та зарæг цыди ирæды бæсты. Æмæ зарыди Уæн: Зилгæцадæн мын зилгсе дон Йсе былтыл зилгæ разилы. Чи нсе разыны иугъæдон, Иугъæдон чи нсе разыны!.. Ныр йæ цин хаста Исидæмæ. Æмае^ Исидæ куыд цин кæндзæн, уыцы цин æй цудын кодта. Йæ цæстытыл уади Фарнæгæн, фырцинæй куыд худдзæн Исидæ æмæ та-иу йæ былтыл йæ гыццыл арм куыд авæрдзæн, — афтæ фæ- кæны, æгæр худы, уымæ йæ зæрдæ куы фехсайы, уæд йæ худгæ былтыл йæ арм авæры. Фæлæ йæ цæстытæ, йе стыр цæстытæ! Цæсгом сæхи бакæнынц æгасæй æмæ рухс тæмæнтæ фæкалы йæ цæсгом. Æцæг а фæстаг бонты цы- дæр æнкъард фæлм æрбад-æрбад райдыдта йæ цæстытыл. Йе сыл тайгæ куыд нæ акæны уыцы фæлм, йе йæ судзгæ куыд нæ акæнынц уыцы цæстытæ, уый диссаг у. Фыццаг хатт уæд рахатыдта уыцы фæлм уыцы бонивай- æнты. Йæ гыццыл къухæй йын æрбавнæлдта йæ арммæ Фар- нæгæн. Айтынг ын кодта йæ арм, стæй айста арм æмæ йæ йæ фарсы тæнæгыл æрæвæрдта. Куыддæр бахæццæ йæ арм фарсмæ, афтæ нызмæлыд фарс, цыма йын мидæгæй йæ армыл зæвæт-зæвæт ралæууыд исчи йæ гыццыл къæх- тæй. Æмæ ныррызти фырцинæй Фарнæг. Æмæ йæ рыз-
316 Хуыгаты Сергей тæй рызти сæ быны зæронд уырындыхъ. Стæй та худгæ ныккодта Фарнæг, афтæ ныххудти æмæ æгас хъæуыл куы айхъуыса йæ худын, уымæй фæтарст Исидæ æмæ йын йæ гыццыл арм йæ былтыл авæрдта. Æмæ йын уый баурæдта йæ худын, æндæр ын бауромæн нал уыд. Æмæ йæ уæд æрбахъæбыс кодта Фарнæг, æмæ йын йæ дзуæрттæн лæгъстæгæнæн былтæм йæ худгæ былтæ ныххаста. Æмæ уæд, уыцы уысм рахатыдта, йæ цæстытыл уыцы æнкъард фæлм. Исдуг ын кæсгæйæ баззад йæ цæстытæм, стæй, калм цы ран ныццæвы, уыцы ранæн йæ хъæстæ рацъирынмæ чи фæхъавы, уый йæм куыд арæхстгай ныххæссы йæ былтæ, афтæ йын йæ цæстытæм радгай ныххаста йæ былтæ Фар- нæг. Фæлæ йæ цæстытæ уæлдай нæ фесты — се ’рхæндæг сæ мидæг ахстæй бадти. Æмæ йæм бадзырдта уæд Исидæмæ: — Кæд дæ исты риссы? — Куы нæ. — Уæд та уæхимæ ’рымысыдтæ? Исидæ йæ сæр банкъуыста, йæ риуы дзаг сулæфыди. — Мысгæ кæнын. Æдзийы мысын. Иунæгæй баззад, зыбыты иунæгæй, — йæ цæстытæ доны разылдта Исидæ. Фарнæг ын фæтæригъæд кодта. — Тыхсгæ ма кæн. Иннæ къуыри Арцийы ардæм хъæуы, æмæ уæд фæтъæбæртт кæндзыстæм дыууæйæ Азыртæм. Æдзийы бабæрæг кæндзыстæм, йæ куыстытæм дæр ын февналдзыстæм. — Æцæг? — Æцæг. — Уæдæ хорз. — Ныр ма тыхсдзынæ? — Тыхсгæ æнæуи дæр ууыл нæ кодтон. Тыхсгæ æндæр цæуылдæр кæнын, æмæ йæ не ’мбарын, цæуыл тыхсын, уый. Афтæмæй мын мæ уд судзины бын аласта. Ноджы ма ды ам куы нæ вæййыс, уæд мæ зæрдæ æдде баззайы. Фарнæг йæ сæр ныттылдта. — Мах ницы тыхсинаг и. Мах цин кæнæм. Мах тыхсынмæ не ’вдæлы. — Чи зоны, уымæн райдыдтон тыхсын æмæ æгæр кæй цин кæнын. Цард афтæ арæзт у — æгæр цин кæнай, уый гæнæн дзы нæй. Нæ уадзы æгæр цин кæнын цард адæймаджы. Абон æй нæ фæндыди чынты хъазтмæ. Иуæй йæм аив
Нарты Фарнæг 317 нæ каст, лæппуты фарсмæ ма балæууа, уый, иннæмæй — Исидæ! Фæлæ йæм Уæн бахатыд æмæ йæ къæхтæ куыд ныццавтаид! Ноджы ма йæ фарон куы акодта, уæддæр сын Æхсæртæггатæй дæлдæр нæ бантысти цæуын. Иуæй Уырыз- мæг æрыздæхти йæ балцæй, иннæмæй уыцы фæдис — Уæр- тæмæнмæ куы ралæбурдтой æнæхъæн ныхасы дзагæй. Æмæ ницуал сфæрæзта дзурын. Уæддæр ма фездæхт Исидæмæ — Уæны разæй рауагъта. Исидæйæн йæ нарæг астæу цыдæр фæци, уыцы æмдымбыл уыд йæ урс дæллагхъуырæй дæлæмæ. Афтæмæй йæ къахайст уæлдай нæ фæци. Уыцы рæуæг куы фæцæйуайы йæ хæдзары миты фæдьш, уæд æм кæсгæйæ баззайы Фарнæг. Æмæ йын æниу æнæ уайгæ дæр цы хос и! Хорæхæрзæ, ныр ыл иу къуыри цæуы, афтæ зæронд чъырынмæ æвгъæды бацыд. Раздæр æм, искæй цæст ыл куыд нæ æрхæца, афтæ фæхаста, æвгъæддоны цыдæриддæр хъæуы, уыдæттæ, суанг доны къæртайы онг, стæй рæбинаг къуымы нымæт йæ быны бакодта, нымæт йæ уæлæ бам- бæрзта æмæ схуыссыд. Исидæ йæм цал уады бакæны, уал хатты йæ бафæдзæхсы Хорæхæрзæ — дæхи хъахъхъæн. Ма дæр уæззау истæуыл схæц, ма дæр тых цин истæуыл бакæн, ма дæр тых тыхст су истæуыл. Ныр ын йæ цæстытæм кæсгæйæ баззади Фарнæг — цы сау уыдысты уыцы дыууæ цæсты, уымæй ноджы фæсаудæр сты, афтæмæй се ’рхæндæг сæ былтæй акалди. — Мах тагъд ссæудзыстæм æмæ хæдзары митæ нæхæдæг бакæндзыстæм Уæнимæ. — Хорз. Фæлæ æрæгмæ куы цæуат, уæд сæм нæ фæлæудзынæн, — йæ былты кæрон йæ мидбылтыхудт абадти, æмæ диссаг уый уыди — куыд фидыдтой иумæ æнкъард цæстытæ ’мæ уыцы мидбылхудт! Нымæткъуы къохмæ бахæццæ æмæ æрлæууыди — уыцы æхсæвы фæстæ йæм фæзынд уыцы æгъдау: къохмæ ба- хæццæ, уæд æй нæ базоны, афтæмæй æрлæууы. Æмæ иугæр куы æрлæууы æмæ лæугæйæ куы аззайы, уæд æй базоны, цæмæн æрлæууыди, уый. Уæд æртытæ куы скодтой ам. Ардæм сæм куы æрцыди æртытæм Арданæ. Стæй уый дæр сынтыл ахастой, Арданæйы дæр. Иу сынтыл Арсæджы ахастой, иннæ сынтыл — Арданæйы. Цæуынæн нал уыди — йæ зонд хæццæ фæци, йæ уæрджытæн сæ хъару асаст. Уæддæр рахъæр и, йæхи дзыхæй дзурыныл æй фæци Хъо-
318 Хуыгаты Сергей ба. Тæригъæд никæмæн батади а дунейы, фæлæ Хъобайы куыд тагъд æрсырдта, афтæ, æвæццæгæн, нырма — никæй. Фарнæг æм рынчынфæрсæг æрцыди, йемæ ма чидæртæ уыди Борæтæй. Уым дæр кæйдæрты ныййæфтой сæхицæй Чынтæн. Хъоба дзæгъæл дзырдта. Кæдæм-иу нæ ахæццæ! Дзырдтаид æмæ дзырдтаид, чи йæм бадт, уыдон æппындæр кæмæн ницы æмбæрстой, ахæм цыдæртæ, стæй та-иу уый коймæ рахызт, Арсаджы коймæ. Уый æмбæрстой, Арсаджы кой сын цы кодта, уый. Фæстаг бон цы дурыл сæмбæлдысты Лæхъыбыдыры, уый æрвон дур кæй уыд, уый йæ бынтондæр бауырныдта Хъобайы. Æмæ куыд схай кодтаид уый хуызæн дурæй искæмæн! Нæ, дурæй схай гæнæн никæмæн уыд. Хъуамæ Хъобайы карды хуызæн макæмæн уыдаид. Æмæ куы бануæзтджын, уæд æм æрцыди уыцы фыдбылызы хъуыды: Арсаджы амара, æмæ дур йæхицæн баззайа иууылдæр. Æниу Фарнæгæн æнæуи дæр уымæ æхсайдта йæ зæр- дæ, Хъобамæ. Уæдæ йæм æндæр чи æрцыди Арсагмæ! Кæй цы бахъыгдардта, фысы комæй хал куы никуы раласта! Фæлæ ацы Хъоба æнæ фæныкæй хъал уыди ’мæ! Æнæуи дæр йæ зонд зæндтимæ нæ хæццæ кодта, куы-иу ануæзта, уæд та-иу зæнгæй нæма райдыдта цудын æмæ-иу зондæй фæцудыдта. Йæхæдæг дæр ануæзта, æвæццæгæн, Арсаг, уыййеддæмæ кæдæм лæууыди Хъобайы карды раз, æн- дæр ницы фæлæ лидзын дæр нал зыдта! Æмæ та-иу æй радзырдта, цы дзуры, уый не ’мбæрста йæхæдæг, афтæмæй. Лæгтæй хабар фыццаг хатт чи хъуы- ста, уыдон кæрæдзимæ кæсынтыл фесты, сæ хъуынджын æрфгуытæ-иу кæрæдзимæ базмæлын кодтой — уанцон нæу?! Иннæтæ гуыбыртæй бадтысты. Зæхмæ кастысты. Йемæ йын æй раластой уыцы дур. Арсаджы куы ’вæрдтой уыцы бон уыди. Фарнæгимæ уæлмæрдæй куы рацæйздæх- тысты, уæд сыл бамбæлдысты чынты лæппутæ. Фæндагæй иуварс ахæцыдысты сæ къамбецтыл æмæ сæ баурæдтой. Дзоныгъы^алгуыфы мидæг, залмысыфты уæлæ ныддæргъ и Хъоба. Йæ фарсмæ та йе ’мбалау хуыссыд уыцы цъæх дур. Уым æй баййæфтой лæппутæ уыцы дуры цур дыдагъ- æй, ’æмæ сæ кæйдæр зонд æрцахста — ацы дурыл мардта йæхи æмæ йын æй йемæ аласой. Æмæ йæ раластой. Дур
Нарты Фарнæг 319 къæппæгæвæрд уыд, æвæццæгæн, галгуыфы æмæ, дзоныгъ куыд цыди, афтæ йæхимидæг змæлыд, цыма цæуылдæр гуырысхо кодта. Ныр сæ дуармæ лæууыди дур. Æмæ-иу Хъобамæ рын- чынфæрсæг чи бацыд, уыдон-иу йæ алыварс батымбыл сты — цы у, цавæр дур у, йæхи цæуыл фесæфта?! Иутæ-иу æм гуыбыр дæр ныккодтой — дзæбæх æм бакæсой, кæддæра æцæг æрвон дур у? Чи та-иу æм къахæй бавнæлдта, ахæцыд- иу ыл — цымæ, куыд дзурынц, афтæ уæззау у æцæг? Уæддæр дзæгъæлы ласт нæ фæци дур. Цырт ын дзы сарæзтой. Дур агурынæй фервæзтысты. Стæй уый йæхи дур уыди, йæхи уард. Æмæ хъуамæ алкæмæн дæр ахæм цырт уаид — йæхæдæг цы дуры мыггаг ссардта, уымæй, тыххæст цы дурыл скодта, йæ фарсмæ цы дурæн æрхаудта, уыцы дурæй, гъе! Уыцы дур у йæ аккаг. Уый йын Хуыца- уæй уагъд уыд, уыцы дур. Нымæткъуы къохæй куы рахызт, уæд налдæр цудгæ код- та, налдæр — цин. Цыди, тагъд кодта — дыууæ æнхъæлцауы цы хæдзары уа, уым митæй фылдæр цы и! Ноджы Уæн уым баззад, чынты хъазты. Ныр Уæныл баст у чынты хъазт. Æмæ мæнæ рацыд Уæн, уæд базгъæлæнтæ уыдаид хъазт. Æмæ уый хуызæн хъазт базгъæлæнтæ уæд! Æнæуи нæуæг чындзæй уæлдай нæу хæдзары митæм Уæн. Фæцахуыр сыл. Сагинæ-иу сæгъты радыгъта, къæбæр-иу ракодта, гуымбыл-иу ацахста, иннæ митæ йæхимæ кастысты иууылдæр! Æмæ-иу сыл æлхынцъытæ халæгау куы разылди, уæд-иу æм лæг кæсгæйæ баззадаид. Æмæ тагъд кодта Фарнæг. Куыддæр схæццæ уа, афтæ уал Исидæйы цæстытæм бакæсдзæн фыццаг, кæддæра ма афтæ æнкъард сты йæ цæстытæ. Исты хъазæн ныхæстæ йын акæндзæн, стæй, иу цæфæй нæ, фæлæ йын сындæг- сындæг ракæндзæн Уæны хабæрттæ, къонайы фарсмæ йæ сбадын кæндзæни, йæхæдæг хæдзары митыл зилдзæни, афтæмæй. Алæгаты хъæуæй куыддæр рахызт, афтæ уæле, Æхсæр- тæггаты лæзгъæры сæрæй рацыд кæйдæр хъæлæс: — Уой, уалæ уын уæ рæгъæуттæ ногъайы Богъа фæ- тардта, уо нартæ ’мæ чынтæ! Фарнæг цæхгæр фæлæууыд. Хъæр йæ сæрты нæргæ ацыд чынты ’рдæм. Иæ азæлд ма зыланг кодта Алæгаты
320 Хуыгаты Сергей уæлхæдзæртты. Æмæ та уæдмæ рацыди нæуæгæй хъæр: — Уо, байхъусут, уо нартæ ’мæ чынтæ! Ногъайы Богъа уын уæ рæздарæнæй уæ рæгъæуттæ фæтæры! Æмæ ныууыгъта йæ сæр Фарнæг — æцæг загъта Исидæ! Нæ уадзы цин кæнын цард лæджы. Акæсæд-ма исчи — чынтæй алæгатæм фæцин кодта æмæ ныр йæ фарсæй хъуамæ фæуа йæ цин! Уæдмæ уæле, Æхсæртæггаты ’рдыгæй раскъæрдта иу бæхджын. Фарнæг лæугæйæ баззад фæндаджы хъæбæрыл æмæ касти бæхджынмæ: чи уа ’мæ кæдæм скъæра! Уый йæм уайтагъд æрхæццæ, бæх хъен алæууыд йæ тæккæ раз Фарнæгæн. Æмæ сонт мыр-мыр ныккодта. Бæхджынæн йæ арцы æрттигъ цæхæртæ калдта æмæ йыл йæ цæстытæ андæгъдысты Фарнæгæн. Стæй йын ауыдта йæ къух, йæ тымбыл къух арцæн йæ астæуыл хæцыд, æмæ йæ уæлæмæ ныхъхъил кодта. — Фехъуыстай?! — йæ хъæр фæцыд, айнæджы фарсыл дзæнхъа дуры фарк куыд ныххуырсай, уый хуызæн. Бæх- джын Бырсæг разынд. Фарнæг æм дзурын ницы сфæрæзта. Йæ арцы æртгигъмæ йын каст хаердмæ — тæмæнтæ калдта йæ арцы æрттигъ Бырсæгæн. Йæ бырынкъ цыргъ ахаста размæ æрцындзы бырынчъы хуызæн, цыма æрхъæцмæ нал хъæцыди, искæй риуыл кæд сæмбæлдзæн æмæ йæ фæсонтæй кæд азындзæн искæмæн! Фарнæг йæ сæр тыхджын ныттылдта æмæ арцы æрттигъы æдде ауыдта Исидæйы — йе стыр сау цæстытæй æнкъардæй каст Фарнæгмæ, йæ былтæ базмæлыдысты — æнахуыр тавицы змæлд бакодтой йæ былтæ — æмæ Фарнæгмæ афтæ фæ- зынд, цыма кувгæ кæны. Æмæ цымæ цæмæ кувæ Исидæ? Цы куры цымæ, кæмæ кувы, уыдонæй? Дзæбæхдæр ын куы бакастаид йæ былтæм æмæ йæ нæ уагъта дзæбæх кæ- сын Бырсæджы арцы æрттигъ. Æмæ тыхсы Фарнæг — цæмæ кува Исидæ? Ныр æй куы нæ базона, уæд ма йæ кæд базондзæн? Æмæ цы ныхъхъил кодта Бырсæг йæ арц?! Цæмæннæ йæ æруадзы?! — Дур фестадтæ мыййаг?! — ныцъцъæхахаст кодта уыцы уысм Бырсæг, æмæ фесхъиудта Фарнæг. — Уæдæ мусы къæбæлы лæуд кæны ам фæндаджы хъæбæрыл. Фез- мæл! — стæй гыццыл фæлæгъздæр кодта йæ хъæлæс. —
Нарты Фарнсег 321 Уæлæмæ мауал ацу, уæхимæ. Цæмæ ма дзы хауыс? Уым дын ссардзысты Æхсæртæлгатæ бæх дæр æмæ гæрзтæ дæр. — Стæй та фæхъæрдæр кодта йæ ныхас. — Уæдæ искуы дæ уæхи- мæ цæудзынæ, стæй фæстæмæ здæхдзынæ, уæдмæ дæумæ кæсдзæни ногъайы Богъа?! Лæууыди Фарнæг æмæ уыдта: Исидæ йæ къабайы дзаг сси, афтæмæй цы дзæбæх змæлы хæдзары къуымты, афтæ фидауы, æмæ йæм кæсынæй не ’фсæды Фарнæг. Æмæ цин кæны — куыд хорз у, нæуæг чындзæн йæ къаба уынгæг куы райдайы, уæд! Фидаугæ дæр хуыздæр фæкæны ахæм чындз хæдзары къуымты. Цыдæр æмбæхст цин фæрацу- бацу кæны йемæ, æмæ цыма хæдзары фарныл цыдæр феф- ты уыцы æмбæхст цинæй. — Фезмæл! — хъæр нал кæны, æнæуи дзуры, Бырсæг, фæлæ Фарнæгмæ хъæры хуызæн хъуысы, уымæн æмæ йæ зоны — хъæр у. — Æз дæлæ Алæгатæм ныууайон. Сæ уынгты змæлæг нæ зыны æмæ та уыцы сыгъдоны хæдзары ма бадой. Уæд сæ кæд сæ къудитæй сисай, кæннæуæд сæ бынæттæй нæ фезмæлдзысты, фæдисы хъæр нæ, бынсæф- ты хъæр куы фæцæуа, уæддæр. — Бырсæгæн та йæ бæх йæ фæстаг къæхтыл алæууыд æмæ йæхи размæ фехста. Фæндаг къулгомау ахаста, æмæ йыл арц нырриуыгъыны æввонг ныхъхъил кодта, афтæмæй уарийы тахтæй фæ- цæйтахти Бырсæг. Фарнæг кæсгæйæ баззади йæ фæстæ. Куыд æнцон ын уыди фæдисы цæуын Бырсæгæн! Йæ туг базмæлыд, йæ нуæрттæ алвæстысты, йæ хæцъæфтæ схъиуын байдыдтой. Ныр уый æнæ фæдисы фæцæугæ нал бафæразид. Ныр æй ма ауадз, йæ разы ныллæуу — дæуæн цæуæн нæй, йын зæгъ, мæлæтæй нæ бацауæрдид лæгыл. Уымæн фæдисы цæуын у ныртæккæ йæ сулæфæн, йæ хуыздæр хос. Æмæ æниу иунæг Бырсæг у афтæ? Иæ уонг сæ кæй нæ хæссы, йæ тых сæ кæй нæ аразы, уымæн дæр йæ уд æнцой нал фæзоны, йæ уд атæхы. Уый нæртон царды гакк у. Æмæ касти йæ фæдыл Фарнæг, цалынмæ йæ цæфхад- джын бæх Алæгаты дурджын уынгты нæ бакъыбар-къы- бур кодта Бырсæгæн, уæдмæ. Стæй азылд. Уæлæ Æхсæр- тæггаты хъæу. Бирæ йæм нал уыди. Фæлæ ныджджитæн- тæ кодта — æппындæр æм цæуын нал цыди. Цыма æнæ хæринаг æмæ æнæ дон дард фæндæгтыл фæцыди æмæ ба- 21 Хуыгаты Ссргсй
322 Хуыгаты Сергей стади, уымæй уæлдай йæм, йæ къах размæ айса, уый ныфс нал уыди. Фæстæмæ акасти — афонмæ чынты хъазт дæр фехæлди. Фæдис æй фехæлдта. Афтæ у фыдæй-фыртмæ зарæджы хъуыддаг: фæдисы хъæр фæцæуы, æмæ аскъуы- йы зарæг. Адæм фæдисы цæуын куы байдыдтой, уæдæй фæстæмæ йæ риуы дзаг нал сулæфыди зарæг. Æхсæртæггатæм куы схæццæ, уæд дыууæ кæройнаг хæдзары астæу цæхгæрмæ лæууыди иу бæхджын. Æгъ- дæнцæйттыл йæхи бæрзонд систа, йæ дыууæ къухæй иуы цирхъ уыди, иннæйы — хъама, æмæ сæ кæрæдзийыл да- удта: хосдзау цæвæджы комыл дауæн куыд ауадзы, афтæ- иу ауагъта хъама цирхъы комыл æмæ-иу цæхæртæ акалди цирхъæн йæ фындзæй. Фарнæг æм хæстæг бацыд бæх- джынмæ, слæууыд æмæ, цирхъы фындзæй цæхæртæ куыд калди, уымæ каст. Иуафон æруагъта йæ къухтæ лæг. Саргъыл дзæбæх æрбадт æмæ уæд æрдзырдта Фарнæгмæ: — Цы зæгьдзынæ, Борæйы-фырт, дæ зæрдæмæ нæ цæуы мæ цæхæр? Бæхджын кæд нæ уыди Дзæмбы, Æхсæртæггаты Дзæмбы. — Цæхæрæй æрмæст къонайы цæхæр бæззы, — загъта Фарнæг, цыма уымæ нæ дзырдта, Дзæмбымæ, цыма æнæуи загъта, уыйау. — Иннæ цæхæртæ хъарм нæ кæнынц лæджы, судзгæ кæнынц. — Мæн дæр судзынæн хъæуы а цæхæр, — бахудти Дзæмбы, йе ’фсæртæ æддæгуæлæ абадтысты. Йæ цирхъ æмæ йæ хъама сæ кæрддзæмты нытътъыста. Уый фæстæ æрдзырдта Фарнæгмæ: — Æмæ та дæм хæцæнгарзы но- мыл иу къæцæл куы нæ зыны дæумæ. Æви та нæ фидауын кæндзынæ ногъайы Богъаимæ дæр?! Раст уæд ракалди Æхсæртæггаты лæзгьæрæй Борæты фæдис æмæ Фарнæгæн æхсызгон уыд — Дзæмбыйы ныхасмæ йæ исты зæгъын хъуыд æмæ фервæзти исты зæгъынæй. Нызмæлыдысты Æхсæртæггаты хæдзæртты дуæрттæ — æддæмæ-мидæмæ кодтой, уынгты сдыууæрдæм сты фис- тæгæй-бæхджынæй. Стæй дзы фистæг нал фæзынд, иууыл- дæр бæхджынтæ фестадысты. Уартæ мæсыджы бын уыцы тъæпæнмæ ивылдысты. Уæдмæ схæццæ сты Алæгатæ дæр æмæ æддæг-мидæг ауадысты уый æппæт бæхджынтæ. Се ’нæн- цой змæлдæй дыууæ дихы фесты, фынгыл дывæлдахæй
Науты Фарнæг 323 куыд рабадынц, афтæ ралæууыдысты дывæлдахæй, сæ кæрон далæ Дзыхыдонмæ хæццæ кодта. Уæд сæ сæргъы фæзынди Уырызмæг йæ Хъулоныл. Йæ фидар зæнгтæ æгъдæнцæйттæм ныццарæзта, йæхиуыл уæлæмæ схæцыд. — Нæ фæндаг у Бузыбыдырыл. Зилгæцады фаллаг былыл ын йæ фæндаг ныллыг кæндзыстæм. Чынтæ та йæ уæдмæ фæсте ныццæвдзысты. Удыгасæй нæ сæ ничи хъæуы — маргæ! — Ма-аргæ-æ! — нæргæ ацыди уыцы нæргæ дзырд æмæ гуыргуыргæнгæ йæхи ахаста арвынæрдау Дзыхыдоны сæр- ты дæлæмæ. Уæд фелвæста йæ кард Уырызмæг æмæ кар- дæлвæстæй фесхуыста Хъулоны. Фæдис ныззæй кодта йæ фæдыл. Бæхтæ Дзыхыдоны батъыбар-тъыбур кодтой æмæ уайтагъд Æдзæмуæлвæзы балæууыдысты. Хур зилгæ-зилгæ фæцæйцыд йе ’нусон фæндагыл. Арвы астæумæ схæццæ, уым гыццыл фæлæууыд фæйнæрдæм сырх-сырхид тæмæнтæ калгæ, стæй фæуырдыг кодта. Уалынмæ йæ иу сау тъæпæн мигъ басырдта фæсте, йæ бынмæ йæхи баивæзта хурæн. Хуры цæст бамбæрзта æмæ стыр сау галы цармы хуызæн сау аууон æрхауди арвæй нарты фæдисыл æмæ йæ йæ уæлæ фæцæйхаста фæдис, афтæмæй бырста размæ æрсдоны лæсæнау. Фарнæгæн йæ быны кæйдæр бæх, йæ уæхскыл кæйдæр сагъадахъ, йæ къухы кæйдæр арц, афтæмæй кæмдæр фæдисы астæу тын- дзыдта размæ. Йæ хъуыды-иу уымæй райдыдта — рæгъæ- утты раздахын хъæуы, фæлæ — куыд? Уым-иу ныссагъди æмæ-иу дарддæр нал бафæрæзта ацæуын йæ хъуыды. Куыд сæ раздахдзысты! Ногъайы Богъа лидзынмæ нæ фæуы- дзæн. Уæдæ, ронбæгъд лæджы митæ чи акæна, ахæм дæр нæу. Туг ныккæлдзæн. Æмæ ма ныккæла туг, уымæн ма кæд исты хос и, уæд æй ныр ссарын хъæуы уыцы хос. Куы сæ ныййафой ногъайы, уæд сæ уыцы хос агурынмæ нал æвдæлдзæн, æмæ фæстæмæ ниугæ-дзыназгæ куы раздæхой, æмæ та сæ размæ сылыстæг сæ рустæ тонгæ куы ныккæла... Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ Азырты хохмæ акаст — уартæ арвь^рæбын йæхиуыл бæрзонд схæцыд иннæ хæх- ты фæсте. Йæ иу фахс тæмæнтæ калдта хохæн, хурмæ йæ тæрттæ байтыгъта æмæ йыл лæсæнтæ кодта рухс. Иæ иннæ фахс та æппындæр нæ зынди хохæн — сау фæскъау мигъ-
324 Хуыгаты Сергей тæ йыл саубазыр сынтытау нымбырд сты æмæ йыл уди- сæджы хæлбурцъ кодтой. Æмæ йæм сæ къулгарды хуызæн фæкасти Азырты хох. Уæрхтæнæг куы нæуал æмæ куы нæуал зынди, уæд Уæрхæг сæ къулы кард ныссагъта. Алы райсом æм цыди, йæ разы уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй лæу- уыди къулгардæн, йæ сæр æнкъуыста фæйнæрдæм æмæ йæ рустыл йæ цæссыг лæдæрсти, фæззыгон къæвдайы сыг айнæджы фарсыл куыд лæдæрса, афтæ. Къулгардыл иуæр- дыгæй згæ схæцыди, фæлæ иннæрдыгæй йе ’рттывд нæ мынæг кодта. Стæй куы æруатон рынчын и Уæрхæг, уæд- дæр-иу алы райсом йæхиуыл схæцын кодта æмæ-иу бакæнын кодта йæхи къулгардмæ. Ныр æм Азырты хох сæ къулгарды хуызæн фæкаст бынтондæр. Уæдмæ иу дæлвæзмæ ныххызтысты. Пыхс æмæ дзы хæмпæлæй нывыл ацæуын нæ уыди, æмæ йæм нал зынд Азырты хох, уæддæр та-иу æм фæкасти йæ уæхсчы сæрты. Иуафон хъæды дзыхай федде сты, æмæ Бузыбыдыр цæф- хады хъæр æмæ йехсы къæрццы бын фæци. Быдырыл бауа- дысты æмæ иу æрхы фæуырдыг кодтой. Уым батымбыл сты. — Фарнæг! — фæдзырдта Уырызмæг, æмæ Фарнæг фестъæлфыд, цыма фынæй уыд æмæ хъал раци. — Чын- тæм мæ зæрдæ ’хсайы. Иуæй гыццыл куы уой, уымæй тæрсын, иннæмæй чынтаг лæг уа диссаг нæу хæцынмæ. Иу-дæсæй фездæхут æмæ семæ баиу ут Чынтæн. Иннæтæ — мемæ. Цады фаллаг былыл цы уынгæг æрбазилæн ис, уым бабадæм сæ разы. Ууылты у^сæ фæндаг. Фарнæг ницы сдзырдта. Йæ фарсмæ чи цыд, уыдонæй йыл иу-цалдæр амбырд æмæ дон-дон комы рæбынмæ фæ- царæзтой сæ бæхтæ. Комæн йæ тæккæ рæбын æргæппытæ кодтой бæхтæй. Доныбыл дзуццæджы æрбадтысты, сæ къухтæ ахсадтой, сæ æрмтты дзыхъхъыты систой донæй, чи йæ схаста йæ дзыхмæ, чи — нæма, афтæмæй хъусыныл фесты. Уæле сæ сæрмæ къæхты гыбар-гыбур зæххæй стад æмæ арвмæ хæццæ кодта. Уыцы иугæндзон гыбар-гыбурæй иу искуыдæй-искуыдмæ фæхицæн йехсы къæрцц æмæ бæхы хуыррытт, цыдæр иугай знæт ныхæстæ, æмæ та иу уыцы уæззау гыбар-гыбуры бын фесты. Фарнæг æмæ йе ’мбæлт- тæ джихæй баззадысты — хинæй рацыд фæдисыл ногъайы
Нарпгы Фарнæг 325 Богьа. Быны сайд сын фæкодта: цадæн йæ ацы фæрсты ра- тардта рæгъæуттæ, Нартæн сæхи зæххыл. Сæ хъуыры нал ацыд дон, æркалди сæ армыдзыхъхъытæй æмæ лæугæйæ баззадысты. Дзурын сæ ничи фæрæзта, фæлæ сæ тарст цæстытæй фарстой кæрæдзийы — цы баци чынты фæдис!? Сæхæдæг цы кæной?! Фæсте сæ сурой æмæ сæ куыд сурой ацы армыдзагæй?! Сæ бæхты бынæй ныууагътой, сæхæдæг уæлæмæ схыл- дысты уыцы æмæхгæд къулы. Кастысты, фæлæ рыг сæ разы лæууыд æмбонды къулау æмæ æппындæр ницы уыдтой. Æрмæст уыцы уæззау гыбар-гыбур ахстой сæ хъустæ — сæ бынæй сыстади рыг хъомæн æмæ дзы сæ къæхты гы- бар-гыбур баззади. Рыг гыццылгай здæхти фæстæмæ зæхмæ. Уыцы уæззау гыбар-гыбур сысти кæмдæр арвæй зæххы ’хсæн, фæлæ цыдæр æмтъерыйæ баззад Бузыбыдыр, тæссаг æмтъерыйæ. Цыма йыл, сæ барджытæ сæ уæлæ кæмæн нал уыдысты, ахæм ифтыгъд бæхтæ раскъæр-баскъæр кодтой дыууæр- дæм мырмыргæнгæ, афтæ йæм зынд Фарнæгмæ æмæ дыу- уæрдæм сонт ракæс-бакæс кодта. — Дæлæ иу мард! — фæцыди йæ фæсхъус кæйдæр хъæр Фарнæгæн æмæ кæйдæр цонг радаргъ и йæ фæрсты. Фар- нæг акасти, кæдæм ын амындæуыд, уыцырдæм. Æмæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта — цы лæгуыны лæууыдысты, уымæн йæ дæллаг кæрон иу гуыбыр бæрзы бын дæлгоммæ бахауд æмæ афтæ хаудæй баззади иу лæппу — лæппу кæй уыди, уый зынди йæ бахаудыл дæр. Гуыбыр-гуыбыр æм ныццы- дысты æмæ гуыбырæй æрлæууыдысты йæ алыварс. Æмæ уæд федтой: мардæн йæ дыууæ уæны астæу хъилæй лæу- уыд ногъайаг базырджын фат. Фарнæг дзуццæджы æрбадт йæ цуры, фат сыфтыдта æмæ йын æй йæ фарсмæ зæххы æрсагъта. Стæй йæ уæлгоммæ рафæлдæхта марды. Йæ хъæлæсæй туджы фæзгъæртæ скалд æмæ йæ дæллагхъуыр- мæ алæсæн кодтой. Фарнæг ын йæ былтæ асæрфта йæ ар- мæй æмæ йын йæ цæстытыл æрхæцыд. — Нырмæ йæ куыд нæ федтам! — загъта чидæр, лæугæ чи кодта, уыдонæй. Æмæ йæм иннæ бадзырдта уайдзæфгæнæгау: — Куыд нын æй уынын кодтай цымæ ныр, нæ кæрæ- дзийы куынæ уыдтам уыцы рыджы, уæд!
326 Хуыгаты Сергей Фарнæгмæ хъуысти йе ’мбæлттæй кæйдæрты ныхас — йæхæдæг сæм нæ хъуыста, афтæ йæм хъуысти ныхас: — Мæгуыр, ды кæцæй рацыдтæ æмæ кæдæм нал бацæ- удзынæ, уыцы хæдзар! — Хæдзар исты амæлттæ кæндзæн, Хуыцауы фæздæ- гæй мардзæн... Фæлæ мæгуыр йæхи уды бон. — Иæхæдæг фервæзти, мæгуыр. Чи зоны йæм цы хъизæмæрттæ касти разæй. А цардыл æууæнк и! Уым фескъуыд уыцы ныхас æмæ йæм хæстæгдæр кæ- цæйдæр æрбайхъуыст Фарнæгмæ: — Ай Булахъ куы у, чынты Булахъ, дæлæ Бахъы фырт. Æмæ йæ куы нæуал базыдтон. Фарнæг йæ цæсгомыл иуварс ахæцыд — ныхасгæнæг Елтагъан разынд, Алæгаты Елтъагьан. Æмæ бадис кодта Фарнæг — кæд уыдонимæ уыд Елтъагъан, уæд ыл нырмæ куыд нæ æрхæцыдысты йæ цæстытæ. — Бахъы фырт зæгъыс? Æмæ кæцæй фæуыдаид сæ размæ уыцы зыбыты иунæгæй? — Æмæ кæд иунæг нæ уыди, кæд сæ фæдис ам фæци æнæнхъæлæджы сæ разы, кæд сæ иуты ныццагътой — ам искуы лæууынц сæ мæрдтæ — иннæты семæ акодтой, уæд- дæр сын цы зонæм мах! Фарнæг бады дзуццæджы, кæсы лæппумæ — нырма хъуын нæ рахæцыд йæ уадултыл. Йæ фындзы бын гыц- цыл цы фæмила и ’ндæр. Цардмæ нæ бахæццæ и æмæ ацыди цардæй. Йæ усгуры бынаты не ’рлæууыд, лæппу кæдæм фæтагъд кæны, уым. Нæлгоймаджы цард кæцæй райдайы — нæ йæм фæхæццæ. Стæй йæм никуыуал фæхæццæ уыдзæн йæ тъымы-тъымайы! Иунæг фаты цыбыр æхситт æмæ ас- къуыдта уыцы даргъ цард йæ тæккæ рæбыныл. — Цы ми кæнæм, Фарнæг, бон махмæ нæ кæсы! — æрæхъуыст æм, йæ уæлхъус чи лæууыд, уыдонæй кæйдæр мæстæлгъæд ныхас. Фарнæг йæ сæрыл схæцыд, йæ цæстытæ æрзылдта йе ’мбæлттыл æмæ фæстæмæ аздæхт Елтъагьанмæ. — Æмæ ма йын лæппутæ ис Бахъæн? — Нæгъ. Иннæтæ йын чызджытæ сты. — Чызджытæ, нæ? — Афтæ ма дзы æнæуи схауд уыцы фарст, æндæр ма йын куы уаид лæппутæ, уæд цы? Уыдо- нæй исчи цардаид Булахъы бæсты? Æмæ куыд цардаид?
Нарты Фарнæг 327 Чи ма кæд фæцарди искæй бæсты?! Искæй бæсты мæлæн и, цæрæн нæй искæй бæсты. — Ныууадз >1а йæ — фæцыди йе ’мбæлттæй кæйдæр сонт хъæр. — Мард никуы федтай?! Æмæ йын иннæтæй чидæр айста йæ ныхас: — Уæдæ, уæдæ! Мах фæдисы рацыдыстæм, — нæ рæгъæуттæ нын фæтардæуы, ай кæйдæр мардыл дæлгæмт- тæ кæны! Фарнæг фæсасти уыцы ныхæстæй, йæхиуыл схæцыд, æххæст нæма сраст и йæ астæу, афтæ фæцыд кæйдæр хъæр: — Уартæ ’рбацæуынц! Уырызмæгимæ ’рбацæуынц! Æмæ иннæтæй чидæртæ загъта уыцы хъæрмæ: — Цурк мæнджы куыд афардæг уа, уый æмбисонд нал æрцыди. — Нæ цæрæнбонты фæллой — куыдзы гуыбыны хъуыр- хъуыр, и?! Стæй сæ иннæтæй чидæр ныдздзынæзта хъæрæй: — Кæд мах хуызæн æнæмæт, æмæ стырзæрдæ адæм искуы ис, арв йæ къабæзтæ кæм ауагъта, уым, уæд мæ Хуыцау бынысæфт фæкæнæд! Уæдæ ай нæ цард фосæй у, æмæ дæ фос авд æфцæджы фæстæ уой, æмæ сæ хъаггæнгæ ма кæнай! Ныр сæ нæ фыдæлты хъаггæд куы кодтаиккам, рагон нæртон хъаггæд, уæд нæм ахæм фыдбылыз кастаид! — Рагон нæртон хъаггæдæн рагон нæртон лæппутæ хъæуы! Ныр нæма ’рхæццæ вæййынц нымæты бынмæ, æмæ йын йæ хæлын кæрц халыныл фæвæййынц лæппу чызгæн æмæ сыл лæг æмæ усы митæгæнгæ сбон вæййы. Искуы ма рæгъау и, уый сæ рох дæр фæвæййы. Уæдæ мæ нал бæз- зæм æмæ йыл басæттæм. — Æмæ ма лæджы хæдзары иу-цалдæр æргæвдинаджы баззайдзæн, уæд цы нæ вæййы! Фæлæ никуыуал стырбой- наг, никуыуал къатыбойнаг, нæ — фыддаг! Æмæ уæд та лæгæн йæ бинонтæй исчи æрбамарди. Уæдмæ ’рбахæццæ сты. Уырызмæг йæ азым чи фемба- ры, ахæм лæджы тылд ныккодта йæ сæр, йе ’хсаргард систа æмæ йын йæ тъæпæнæй йæ ных батъæпп кодта. Иæ тъæпп фæцыди ныхæн, æмæ ныууыныргъыдта: — Гъæтт, мæ уæцъæфы мын дон куыд фæхастай, гъе, ногъайы Богъа! Æмæ дзы уыдæттæ ’гъгъæл чи уыд æмæ нын нæхи зæххыл ратæрдзæн нæ рæгъæуттæ! Фæлæуу
328 Хуыгаты Сергей мын дзы афтæ, дæлæ сæрджын, æз дын схос кæндзынæн.— Уым фæлæууыд, йæ къух æд кард систа йе ’рфыджы сæрмæ, иуырдæм акаст, иннæрдæм акаст. — Æмæ нын чынтæ та цы фесты, цымæ?! Ныр хъуамæ ам уаиккой. — Ам мæнæ иу лæппуйы мардыл бамбæлдыстæм чынтаг. Уыдон фатæй мард, Ногъайы. — Кæм? — Мæнæ, — иуварс алæууыдысты Фарнæгитæ. Уырызмæг бæхæй размæ ракъул, афтæмæй касти мардмæ, стæй загъта: — Æмæ уæд иннæтæ кæм уой? — Сæ разæй сæ ма акæнæд. Æнæнхъæлæджы сæ разы ма фæуæд æмæ. — Ууыл дæр нæ бацауæрддзысты. Фарнæг гуыбырæй лæууыд. Уæлæмæ каст Уырызмæгмæ, уæлбæхмæ. Æмæ йæм, иухатт сæм Бæргъуаны сыгъд галуанмæ куы ’рцыди Гуымиргомы мæличчы ахæстæй, уæд куыд æвæрæз уыд, уый хуызæн фæзынд, æмæ йæ уæнгтæ барызтысты Фарнæгæн: æвæццæгæн ма сæ рæгъауæй сæ къухы исты бафтдзæн, ууыл йæ зæрдæ нал дары. Фæлæ йæ зæрдæйыуаг æмбæхсы, раргом æй кæна, уый йæ сæрмæ нæ хæссы. — Ныр афтæ бакæнæм: ауадзæм сæ æмæ Тархъы дæл- вæзмæ ныххизой, стæй мах Æвдадзысуадоны сæрты цы чыс фæндаг ис, ууыл багæпп кæндзыстæм æмæ сыл уыцы хуссарæй ныккалдзыстæм, сæ сæр сæ кой куыд суа. — Афтæ куы бакæнæм, уæд стыр рæдыд æруадздзыс- тæм, — йæ сæр батылдта Фарнæг. — Уыцы чыс фæндаджы былтыл нæ разы ма бабадой, уый гæнæн нæй æмæ нæ фæцæгъддзысты се ’мбæхсæнтæй уыцы уынгæг ран. — Уæд та сæ фæстæ асурæм, æмæ, куыддæр уырдæм ныххæццæ уой, афтæ сыл фæсте ныккалæм. — Æвыдæй нæ баззайдзыстæм уæд дæр. Уыдон хъæды дзыхы уыдзысты, мах — тыгъд быдыры. Стæй уæ рох ма уæд — ногъа размæ куыд æхсынц фат, уымæй фæстæмæ растдæр æхсынц. Уæд Тыхыл фæхицæн и бæхджынтæй, Фарнæджы цурмæ баскъæрдта æмæ уым æргæпп кодта йæ бæхæй. — Уæдæ нын цы амоныс, цы, уо Фарнæг? Нæ рæгъæ-
Нарты Фарнæг 329 уттæ ауадзæм ногъайæн æмæ нæ фæд-нæ фæд аздæхæм æмæ куыд цæудзыстæм — заргæ æви ниугæ?! — Заргæ дæр нæ ’мæ ниугæ дæр. Æнæуи цæудзыстæм. фæндаггон куыд фæцæуы, афтæ. — Нæ, нæ Фарнæг, фæндаггоны цыд не сфидаудзæн махыл. Фæдисæн хъуамæ йæ гакк йæ уæлæ уа. Куыддæр Тыхыл фæлæууыди йæ ныхасæй, афтæ кæмæн- дæр йæ маст стыдта бæхджынтæй æмæ йæ тай-тай ссыд: — Стæй зымæг ралæудзæн æмæ нæ хъуамæ йæ бинонты хъуыры сойы хъуыртт мачиуал ауадза, нæ!? Дзурæг чи уыд, уый нæ базыдта Фарнæг, уæддæр æм ахъæр кодта уый дæр: — Амæлтгæ кæнын хъæудзæни æмæ амæлттæ кæндзыстæм. Уæдæ рæгъæуттæй дæр куы ницуал бафта дæ къухы, дæхæдæг дæр сæм куы нæуал аздæхай, уæд сойы аленк кæндзысты дæ бинонтæ?! Исдуг фæсабыр сты иуырдыгæй дæр, иннæрдыгæй дæр. Стæй сагау ныттыдта йæ сæр Тыхыл, ныуулæфтытæ кодта. — Мæнæ ныл цы уынгæджы бон ныккодта, мæнæ! — Фарнæджы уæхскмæ бавнæлдта, ныууыгьта йæ йе уæхскæй тынг Фарнæджы. — Фæсте сæ асурæм, уый гæнæн нын нæй, сæ разæй фæуæм æмæ сын сæ фæндаг æрлыг кæнæм, уый нæ бон нал у. Уæдæ цы, цы? Куыд уæдæ?! Гæнæн цæмæн нæй, ахæмæй зæххыл ницы и куы фæзæгъынц. — Уый æгæр стыр ныхас у: адзалæн мадзал нæй. Уæдæ йын нæй гæнæн дæр. Фæлæ ма махæн иу гæнæн ис, иу ахъаззаджы гæнæн. Искæй арвитæм ногъайы Богъамæ — хæцынмæ нæ, ныхас кæнынмæ йемæ. — Гъæй, дæ бонæй уай, нарты Фарнæг, гъе, кæд кæмыты хæфтытæ кæныс! — йе ’рмттæ кæрæдзиуыл ныццавта Тыхыл, æмæ сæ тъæпп фæцыд йе ’рмттæн. — Уымæн куы фæцæттæ кодта йæхи уæдæй-уæдмæ, нæ рæздарæны нын гæды уымæн куы нæуал ныууагъта, цæмæй ныр демæ рабада ныхасыл, стæй куыддæр фæуат ныхас, афтæ дын йæ цæт- тæ фосыконд ракæна дæ разæй! Кæд цы дзурыс, ууыл æууæндыс, уæд дыл мæ зæрдæ худы. Уырызмæг гуыбырæй бадт йæ бæхыл. Чынты фæдисы хъуыддаг афтæ кæй рауад, уымæй бынтон æрызгьæлдысты йæ уæнгтæ. Йæ цонг æрхауд æмæ йæ кард æрдаргъ и,
330 Хуыгаты Сергей зæхмæ ма йæ иу гыццыл хъуыди. Хъулон дæр йæ сæр æруагъта, афтæмæй лæууыд. Иннæ фæдисыл суцца змæлд бафтыд, кæрæдзимæ сæ бæхты разил-базил кодтой, кæрæдзимæ цыдæртæ амыд- той сæ кæрдтæй. Бæрæг уыд — сæ масты змæлд сæ туджы змæлды байдыдта æййафын. Æмæ æрхъæцмæ нал хъæцыдысты — фатыбос ивазын сæм цыди, карды фистон æлхъивын, арц уæлиау фæхæссын, знаджы риу иу цæфæн куыд батона. Лæппутæй чидæртæ нал бафæрæзтой — æргæппытæ кодтой сæ бæхтæй. Хæстæг сæм балæууыдысты Фарнæг æмæ Тыхылмæ. Фæйнæрдыгæй сæ мæстæлгъæд улæфт цыди. Чидæр сæ бадзырдта Фарнæгмæ: — Уыцы хорзы нын бацу, уо Фарнæг, æмæ нæ ма къуылымпы кæн. Кæннæуæд нæ иу къух не ’ннæ къухыл байдыдта хæцын. Йæ хæдуæлвæд иннæтæй кæмæндæр ссыд хъæрæй йæ тай-тай: — Уымæ цы кæсут, уымæ?! Нæ йæ фæнды — аздæхæд фæстæмæ мæ уартæ йæ усы фæдджийы бамбæхсæд йæ сæр. Æз ме стуртæм мæ къухты фыдтæ уымæн нæ фæхæрын кодтон æмæ сæ ногъайы Богъайы хъæлæсы атъыссон. Æмæ мæ разы чи ’рлæууа, кард дзы нæ раздахдзынæн, фæлæ йæ зонæд, Фарнæг нæ фæлæ мæ Хуыцауыхай дæр фестæд! Æмæ сæ маст скалдтой иннæтæ дæр уæд: — Æвзæр бæхæй фæцæуæд ногъайы мæрдтæн, Ногъайæ чи фæтæрса! — Уый ма нæ нæ айхъуыст: нартæн ногъа атардтой сæ рæгъæуттæ æмæ сæ фæдыл нæ æуæндыдысты кæсын. Нæ алыварс цæрджытæ ныл се ’рбадæнтæй куыд фæкæуой! Фарнæг лæппуты ныхасмæ не ’рдардта йæ хъус, Уырыз- мæгмæ та скаст йæ сыгбадт цæстытæй æмæ та йæм сдзыр- дта уæлбæхмæ: — Ма бакæс сæ коммæ ’гонгæй, фæсмойнаг фæуыдзынæ цæрæнбонты. — Гъомæ йæм арвитæм, зæгъыс, фæлæ, — Уырызмæг йæ сæр батылдта. — Ныхасæн лæг хъæуы, лæг, иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр. Æмæ уым лæг нæй. Де ’дде йæм кæй арвитæм, ууыл дæр æрхæцдзæн, æмæ ма уый фыдбылызы дæр нытътъысдзыстæм нæхи. Стæй дæр адо-
Нарты Фарнæг 331 нæй кæй æрвитыс — адонæй йæ маст искæй ныхас кæнын бауадздзæн! Сæ къухты фыдтæм куы лæбурынц дæндагæй. Кæд мæхæдæг фæцæуон. — Æз ацæудзынæн, кæд мыл уæ зæрдæ дарут, уæд. Уырызмæг базмæлыд, йе ’хсаргардыл схæцыд, йæ саргъыл æй цæхгæрмæ æрæвæрдта. Æрæджиау æрдзырдта: — Зæгъæм дыл мах бадардтам нæ зæрдæ, уæд дæхæ- дæг цæуыл дарыс дæ зæрдæ? — Ныхасыл. Ныхас дурмæ куы хъары, уæд адæймаг чи у, адæмы хъæр кæмæ хъары, уымæ куыд нæ бахъардзæн ныхас?! Ныхас кард дæр у ’мæ уарт дæр. Æмæ уымæй цы хъуыддаг нæй алыггæнæн, ахæм хъуыддаг нæй ацы дунейы. Фæлæ йын иуæй аргъ кæнын нæ зонæм, иннæ- мæй йемæ архайын нæ базыдтам нырма — ацы сæфтмæ нæ уый æртардта, — дзургæ-дзурын та Уырызмæгмæ скаст æмæ æрлæууыди йæ дзурынæй. Лæууыди æмæ йæм мидæгæй хъуысти йæ мидхъæлæс: «Ныхас зæронд нæ кæны, — нæ йыл згæ хæцы, нæ сæттын комы кард æмæ уартау. Иубон цы хорз ныхас æрцæуа загъд, уый цæрæнбонты зайы, адæмты ’хсæн. Абон цы ныхас нæ сæмбæла йæ раныл уымæн райсом æнæ сæмбæлгæ нæй. Æмæ нæ ныхасыл бафтауын хъæуы нæхи, фат æмæ нæ ’рдыныл дзæгъæлы бафтауынц гыц- цылтæй». — Уый йæм кæддæр цы хъуыдытæ кодта, уыдон хъуыстысты, кæмдæр йæ зæрдæйы бын баззадысты ’мæ. Ам се ’ппæтæн дзурæн нæ уыд — нæ йæ дзурын уагътой, нæ йæм хъусгæ кодтой æмæ куыд дзырдтаид! Тынг æй фæндыди, куы нæ ацæуиккой ногъайы фæдыл. Уым фыд- былызы йеддæмæ хæрзæбонæй ницы и. Сæ туг æруазал уыдзæн, фæлæ туг куы ныккæла, уæд ма фæнды ныууазал уæд, фæнды — ма. Уæдмæ сæ хæрхæцъа тынгæй-тынгдæр кодта. Фарнæг æмæ Тыхылæн сæ алыварс тыхсын байдыдтой. Чи йæм сæ æргомæй дзырдта Фарнæгмæ, чи та йæм сæ йæхи не ’вдыста, афтæмæй хъæр кодта: — Ай нын йæхи цы радавы алыхатт, цыма уæлбикъон у иннæты уæлдай! — Уæлбикъон нæ — тыхлæг! — Гъæ, дæлæмæ æрхауа, дæу нын цы Хуыцау радта! — Ауадзут-ма йæ, кæддæра цы нытъæпæн кæнид йæ ныхасæй. Æмæ йæ бон базона, йæ куыдзы бон! Чи зоны
332 Хуыгаты Сергей дзы ирвæзгæ дæр фæкæнæм. — Дзургæ-дзурын сæ чидæртæ сæхиуыл бахæцыдысты Фарнæджы ’рдæм. Æмæ уæд йæ бæрзæйы нуæрттæ фæтынг сты Тыхылæн. Йæ цæстыты тигъ сæм фæцарæзта æмæ фæлæууыдысты лæппутæ. Уæддæр ма сæ йæ маст скалдта чидæр: — Кæд лæг дæ, уæд ныл ам æфтауæг карчы хъахъа ма кæн, фæлæ дæ бæхыл абад æмæ нæ разæй фесхой! Фæлæ нын дæу хъахъайæн сфæлдыста Хуыцау. Уырызмæгыл цыма уазал къæвда æрцыд æмæ хæрз- хуылыдз ныцци, уый бадт кодта бæхыл гуыбырæй — цы бакæна, куыд алыг кæна?! Фæсте сæ æцæг тæссаг у су- рын, сæ разæй та ма кæуылты фæуой, гъа! Раст уыцы цæстыфæныкъуылд йæ бæхæй расхъиудта Дзæмбы. Зæхмæ нæма æрхæццæ, афтæ фæцыд йæ хъæр: — Цы «ныхас», «ныхас» райдайыс ды та?! Цы дудгæ мард æрцыд дæ хæдзарыл! Махæн нæ ис-нæ бон фæтæры далæ, ай та — ныхас! Æз ахæм ныхас нæ зонын карды дзæхст æмæ фаты ’хситтау чи фехъуыса искæмæ. Ныхас фынгыл бæззы — цæмæннæ! Иу рæгъæй иннæ рæгъы ’хсæн аныхас кæн — гъо! Фæлæ дын ногъайы Богъа йæ хæлафы комдæл халын дæр нæ ныууадздзæн дæ ныхасмæ. Кæд куы ’рбада, искуы иу ран, уæд дæм байхъуса, цалынмæ бадгæ кæна, уæдмæ, уымæн нæ зонын. Æмæ дæм мæ дæн- даджы къæрттытæ фæхауынц «ныхас» «ныхас» куы рай- дайыс, уæд. Дзæмбийы фæстæ бынтон нал æнцад сæ тай-тай. Быр- сæг Уырызмæгмæ баскъæрдта хæстæг, йæ къухы йæ даргъ арц ныхъхъил и, афтæмæй. Æгæр хæстæг цыд æм фæци. Хъулонмæ цыдæр хъыг фæкасти уый. Фездæхти Бырсæгмæ æмæ йын йæ бæхыл армаццагæй ралæууыд ахъаззаг. Бырсæг иуварс асхъиудта йæ бæхимæ æмæ йæм дзуры иуварсæй Уырызмæгмæ Бырсæг: — Цы лæуд фидæм! Цы хъусæм уартæ уымæ! Цы лæг у, уый нæ базыдтам нырмæ?! Чи зоны ’мæ нал фæнды дæу дæр, уæд лæуу ды дæр. Фæлæ махæн æнæ фæцæугæ нæй нæ фосы фæдыл. Цæйнæфæлтау нæ бирæ азты фыдæбон уыцы куыдзы гуыбыны ацæуой, фæлтау — мæлæт! Лæг иу мæлæт дары Хуыцауæй æмæ йæ фæнды абон бафид, фæнды — сом! Æмæ та фездæхти Фарнæгмæ дæр Бырсæг:
Нарты Фарнсег 333 — Цытæ фæдзурыс ныр цымæ ды та?! Кæд дæм æнæ зон- дæй нæ фехсайы мæ зæрдæ! Уæдæ ма искуы афтæ ’рцыди æмæ дын дæ рæгъау атардæуыд далæ æмæ йæ фæстæ ма акæсай! Искуы афтæ федтай, кæнæ фехъуыстай искуы афтæ?! — Алцы дæр уавæртæй аразгæ у, уо Бырсæг! Алыхатт иугъуызон нæ вæййынц йæ гæнæнтæ лæгæн. — Æмæ куыд хуыздæр уыдзæн дæумæ гæсгæ ныр? Зæгъ- ма йæ, зæгъ! Комкоммæ йæ зæгъ! — Куыд хуыздæр, куы æрсабыр уæм æмæ, куы ’рса- быр уæм, уæд аныхас кæндзыстæм. — Гæр, æмæ искуы мах сабыр кæндзыстæм, стæй ны- хасыл баддзыстæм, уæдмæ махмæ кæсдзæн ногъайы Богъа?! — Кæсдзæни нæм. Æнæ кæсгæ йын нæй. Арвитдзыстæм æм дыууæ лæджы æмæ йын бамбарын кæндзысты, нæ рæгъæуттæ нын кæй атардта, уымæй Хуыцауы раз фыдгæнд кæй бакодта. Ныхасы руаджы... Фæцыд кæйдæр æрдынбосы тъæпп, æмæ йæ ныхас кар- дæй лыгау фескъуыди Фарнæгæн. Йæ цæстытæ астыртæ сты, сæ фæлгæтты куыд нæуал цыдысты, афтæ. Йæ къухыл схæцыди хæрдмæ, йæ уæхсчы сæрты авналынмæ хъавыд йæ фæсонтæм, фæлæ нæ тасыди йæ къух, йæ уæхскыл баззад хаудæй æмæ йæ мидбынат азылди гуыбыр-гуыбыр æмæ йæм раст уæд æртахт кæцæйдæр уыцы зарæг: «Хæзмыбыдыры аццытæ...» Хæзмыбыдыр дард кæмдæр куы баззад, уартæ зæххы кæрон. Ай та арвы кæрон куы и, Бузыбыдыр, арвы кæрон æмæ царды кæрон. «Хъæзмы- быдыры аццытæ... — йæхæдæг нæ хъуысти зарæг — йæ зыланг хъуысти, æнахуыр уыди йæ зыланг, уæззау æмæ нæргæ зыланг. Æмæ уыцы зылангмæ кафыдысты Уæн æмæ Зилæхурæ. Куыд фæрæзтой кафын уыцы уæззау зылангмæ, уый диссаг уыд — уыцы рæуæг æм куыд зылдысты. Æмæ сыл куыд фидыдта уыцы зилгæ кафт! Уымæ дæ фаг фæкæс, уыцы зилгæ кафтмæ! Æмæ зылди йæ мидбынаты Фарнæг, фæлæ йын зилын не ’нтысти. Йæ фæсонтæм æвнæлдта — нæй, йæ къух йæ уæхсчы сæрты ахизын нæ фæрæзта. Тыхылæн йе ’рфгуытæ дæлæмæ-уæлæмæ кодтой — цы йыл æрцыд Фарнæгыл?! Йæ ныхас цы фескъуыдта, йæ фæсонтæм цы ’вналы, йæ мидбынаты цы зилы?! Æрдынбосы тъæпп нæ фехъуыста Тыхыл — æмæ дзы
334 Хуыгаты Сергей цæй тъæпп уыди æниу! Уæддæр æрбахъæбыс кодта Фарнæджы æмæ йæ къух фаты хъæбæрыл сæмбæлд. Сонтæй фелвæста фат, йæ тугæйдзаг æрттигъмæ йын нык- каст, йæ цæссыгтæ ныггæр-гæр кодтой йæ тæрттыл æмæ ныдздзынæзта хъæрæй: — Уæ, Хуыцауы ’лгъыст куыд фестут, нартæ, йæ хуыздæр ын куыд нæ ныббарстат, куы! Хуыздæр уæм мауал райгуыра æмæ афтæ ивайгæ фæцæуат. Уый иу уды нæ фехстат, нæ — уый уæ фарныл суагътат уæ фат æмæ цæрдхуынкъ фæци уæ фарн! Тыхыл ма дзургæ кодта, афтæ фæцудыдта Фарнæг. Йæ цæсты уæлтъыфæлттæ ма иу схъиуд фæкодтой, стæй сын- дæг-сындæг æрцæйуагътой цæстытыл сæхи, цæмæй сæ рух- сы цъиртг макуыуал ратагьдаид уыцы рухсхъуаг дунемæ. Ны- гуылгæ-ныгуылын æрхæцыдысты Фарнæджы цæстытæ уыцы хохы цъуппыл — йæ иу фарс рухс уыд хохæн, тынг рухс, йæ иннæ фарсыл та сау фæскъау мигътæ хæлбурцъ кодтой. Стæй йæ рухс фарсыл фæзынди хохæн хуым — йæ кæрон нæ зынди, ахæм даргь хуым уыд. Æмæ йæ тæккæ астæуты фæцæйцыд хуымæн йæхæдæг Исидæнмæ. Йæ тауинаджы дзæкъул йе уæхскыл ауыгъд, афтæмæй цыди æмæ та-иу йæ къух ныззылдта дардыл æмæ та-иу тауина- джы гагатæ æрттивгæ фæцæйтахтысты конд хуымы хъарм хъæбысмæ. Исидæ касти, гагатæ куыд тахтысты Фарнæджы армæй, уымæ æмæ сæ фæдыл худти. Афтæмæй цыдысти — Фарнæг таугæ кодта хуым, Исидæ та тауинаджы гагатæн худгæ каст сæ фæдыл. Фæлæ диссаг: хуымы кæд нæ цы- дысты æмхæрд. Æмæ йæ зæрдæйы цыдæр тас фæзынд Фарнæгæн — кæд Сехыгопмæ цæуынц, мыййаг! Æмæ хуым- хуым цæмæн хъуамæ лæгæрдой Сехыгопмæ сæхи къахæй?! Уыцы цирхъы хуызæн лæгæн йæ кой дæр куы никуы ис ам! Стæй-иу æй иунæгæй куы фæцæйкодта уыцы лæг. Уæд ныр Исидæ та кæдæм фæцæуы йемæ?! Цыдысты ’мæ цы- дысты. Бирæ сæ нал хъуыд хохы цъупмæ, афтæ фæдисы ’мдзæгьд ныккодтой кæйдæр бæхы цæфхæдтæ, æмæ цæф- хæдты æмдзæгъды бын фæци æгасæй дуне æмæ йын фен- цондæр цæуын уыцы цæфхæдты æмдзæгьдмæ, афтæмæй йæ зонд æрцахста уыцы ран Фарнæгæн — куыд цæрдзысты адæм уыцы цæфхæдты æмдзæгъды бын? Цымæ йæ исчи бауромдзæн адæмæй уыцы фæдисы æмдзæгъд, æви афтæ
Нарты Фарнæг 335 нæрдзæн нырæй фæстæмæ иууыл æмæ сын се ’нцой адæ- мæн скъæфдзæни йæ фæдыл?! Уæд ныннæрыди: — Фарнæг?! Æмæ цæфхæдты фæдисы æмдзæгъд фескъуыд. Дуне фæсабыр, æмæ æхсызгон улæфт ныккодта Фарнæг. Арф улæфт. Фæстаг улæфт. — Гъеныр дæр ма балæууа нæ разы! — фæцыд йæ хъæр Бырсæгæн. — Ногъайæ чи фæтæрса, уый ногъайы Богъа- йæн мæрдты бæхæй фæцæуæд! Фистæджытæ бакалдтой сæхи сæ бæхтыл, бæхджынтæ фæцагайдтой сæ бæхты æмæ хъæр æмæ ахстгæнгæ ныззæй кодтой Бузыбыдыры дæлæмæ. Тыхыл ма иу цъус аззади лæугæ, стæй кæлмдзæфау фестъæлфыд, йæ бæхыл бап- пæрста йæхи æмæ дымгæйау атахти сæ фæдыл. Фарнæджы цур ма баззад иунæг Уæн. Йæ уæрджытыл лæууыд йæ разы хаудæй, йæ цæстытæ куыд бацъынд сты, уымæ каст æмæ фæыдисы бæхты къæхтыхъæр йæ хъус- тыл уад. Хур ныгуылæнмæ æввахсæй-æввахсдæр кодта... Июлъ, 2002 аз
Тæригъæд Радзырд 1 у ынгæн ма йæ цæгатварс уыди мит — æмбонды ^ рæбынты адаргъ, чъизи мит, фыдуынд мит, зæрдæ дзы мæгуыр кодта. Йæ бынæй дон лæ- дæрст æмæ уынджы астæу дзыхъхъыты бадт. Йæ хуссарварс та сау баци уынгæн, басау æмæ басур. Хур комкоммæ каст, уалдзыгон сыгъдæг хур, æмæ дзы лæг йæ къах айса, уый йæ цæст нæ уарзта. Уым, хуссарварс, тыгуырæй бадтысты сыхы лæгтæ цалдæрæй — чи сæ дурыл бадти, йæ дымджытæ йæ быны бакодта, афтæмæй, чи та, æмбондгæрон цы хырхы хъæд уыд, ууыл. Лæгтæ иууылдæр уыдысты гуыбыр, сæ сæртæ зæхмæ æруагътой. Дзургæ дæр сæ ничи никæмæ кодта æмæ — кæсгæ дæр. Æнæуи дæр сæ ничи змæ- лыди, цыма æндзыг баисты. Æмæ уый хуызæн уалдзыгон бон, уый хуызæн рухс æмæ хъарм уынджы нæ фидыдта уыцы бадтæй бадын. Тигььш, стыр уынгмæ йæ чъылдым цы ног хæдзар сыз- дæхта, уый æрдæггом кулдуарæй рахызт Ацæ — бæрзонд, хæрзконд лæппу-лæг. Тæнæг иударон пъалто æмæ къеп худы. Хæдзармæ ма фæстæ- мæ иу каст фæкодта, стæй быцыд лæгтæм. Ба- цыд æмæ æмбонды рæбын слæууыд. Годжиа дурыл бадт, йæ гуыбырæй йæ дзæ- бæх скæсæн нæ уыд Ацæмæ, уæддæр схæцыд йæ сæрыл — йæ хъусджын худы хъустæй иу дæлæмæ æрзæбул, иннæ уæле баззад худы гоп-
Тсерхон 337 пыл фæлдæхтæй — лæпиумæ йæ цæстытæ схаста, фæлæ йæм кæсын нæ бафæрæзта æмæ фæстæмæ зæхмæ æруагъта йæ цæстытæ. Арф ныуулæфыд. Æмæ цыма уыцы улæфтмæ хъал раисты, уыйау æнæбары базмæлыдысты лæггæ. — Циу, цы, лæджы цард! — йæ фæсус хъæлæсæй загъта Гæццо æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. — Кæд, лæг царды хъизæмарæй цы бавзары, уый дзы хæрзæбонæй фены, уæд мæ Хуыцау фесафæд! Къаннæг лæг уыди Гæццо, фæлæ йæ даргъ кæрцы дымджытæ йæ быны батымбыл кодта æмæ иннæ лæгты йас зынди уый дæр. — Уæдæ! — Гæццомæ аздæхти Годжиа. — Гъеныр, ай, мæгуыр, цы федта цардæй, а Дзæх?! Ацы хæдзарыл фæхордта йæ къухты фыдтæ, хæдзар сцæттæ и, йæхæдæг æрхауд. Æмæ хаугæ дæр хауды хуызæн куы ’ркодтаид, уæд цы нæ вæййы. Фæлæ дæ сулæфыны бон ма уæд! — Уæд лæгæн цард радтай, — ноджы багуыбыр и Гæц- цо, цыма хыл кодта искæимæ æмæ, кæимæ хыл кодта, уый йæ разы зæххыл бадти, — æмæ йын æй йæ хъæлæсы хуынкъæй кæдæм ласыс фæстæмæ?! Бауадз æй, æмæ гыццыл ацæра! Фæлæ нæй Хуыцаумæ дæр рæстытæ. — Кæм æм и, кæ! Хуыцаумæ рæстытæ куы уаид, уæд ай — зæды хуызæн лæппу, æмæ йыл фыдниз бафтау, æмæ, далæ адæмы дуæрттæ йæ сæрæй чи сæтты, уыдон та нæл бæхтау раскъæр-баскъæр кæной уынгты! Гæццо Годжиамæ каст æмæ, Годжиа куыд дзырдта, афтæ йæ сæр æнкъуыста. Бæрæг уыд: йæ зæрдæмæ цыд, Годжиа йемæ кæй разы кæны, уый. Æмæ та йæхæдæг дæр баразæнгард и: — Рагъыдзуарыстæн, афтæ у. Гæр, уæдæ, цæрын нырма ныр чи райдыдта, уый хъуамæ мæлгæ акæна æмæ, мæнæ мæн кæрцы быдыргьы йеддæмæ ницуал и, æмæ æз та хъарм кæрдзынтæ хæрон?! Уый раст у? Æмæ куыд раст у уый?! Уым Годжиа гуыбыр-гуыбыр азылд Гæццомæ. — Фæлæуу, æмæ уыцы ныхас цæмæн бахъуыди дæу дæр? Куыд ницуал дæ и кæрцы быдыргьы йеддæмæ? Хæдзар- дарæг лæг цы вæййы, уый дæ нырма, фæлæ ныхæстæ ма кæ! Ацæмæ хъуыстысты ныхæстæ, æмæ цыма мæнæ ам, йæ цуры нæ кодтой сæ сыхы лæгтæ уыцы ныхæстæ, фæлæ йæм цыма æндæр кæцæйдæр хъуыстысты, дард кæцæй- дæр, стæй цыма дард кæмдæр кæрæдзийæ фæдзæгъæл сты 22 Хуыгаты Сергсй
338 Хуыгаты Сергей ныхæстæ, фæззыгон хърихъуппытæ куыд фæдзæгъæл уой кæрæдзийæ, афтæ. Æмæ цыма уыцы хърихъуппытæ кæ- рæдзийы куыд агурой сæ удаист уастæй, афтæ агуырдтой кæрæдзийы ныхæстæ дæр. Æмæ хъуыстысты ныхæстæ Ацæмæ, дард хърихъуппыты уасын æм куыд хъуыса, афтæ. Байхъуса сæм, уый йæ бон нæ уыд. Афтæ йæм зынд: ардæм куыд рацыд, уынгмæ, æмæ ам куыд æрлæууыд лæгты кæрон æмæ лæгты ныхас- мæ куыд хъусы, афтæ баззади уым дæр, Дзæхы раз дæр æмæ цыма уым та Дзæхмæ кæсы, йæ цæст дзы нæ исы. Цыма дзы дыууæ Ацæйы рауади æмæ ма фæстæмæ баиу уа æмæ, цы уыди, уымæй æрлæууа мæнæ ам лæгты кæрон, кæнæ уым Дзæхы раз, уый гæнæн нал уыди. Дзæх æй æнæуи хуыдтой, — йæ ном Дзæрæх хуынди. Фæлурс цæсгом æмæ саусæр. Хуысгæ нæ кодта, рынчын куыд фæхуыссы, афтæ, фæлæ размæ рагуыбыр йæ уатæй, йæ сынтæджы раз сармадзаны нæмыджы хуызæн цы уæз- зау æфсæйнаг туаггуырдон ныхъхъил и, уымæ. Туаггуыр- доны къубалæй йæм ракъæдз иу лыстæг хæтæл æмæ уыцы хæтæлы кæрон йæ дзыхы дардта Дзæх, лæг сурдымæн куыд дара йæ дзыхы, афтæ. Æфсæйнаджы хъæбæр ын йæ был- ты æфхæлдта, æмæ чидæр урс хæцъилы уадздзаг æртыхта хæтæлы кæроныл. Хатт-иу фæуагъта хæтæл, æвæццæгæн- иу æй исты сдзурын фæндыд, фæлæ-иу ницы сфæрæзта дзурын, афтæмæй та-иу фæстæмæ фæлæбурдта хæтæлмæ æмæ та-иу æй йæ дзыхы акодта. Йæ рустæ цыма рæсыд уыдысты, уыйау æддæмæ рахæ- цыдысты, удæгас лæджы русты хуызæн нал уыдысты, цыдæр хъæбæр дардтой æддæмæ, хъæбæр æмæ уазал. Йæ цæстытæ хъоппæгæй баззадысты йæ фæлурс цæсгомыл — цыма иртæсгæ фæкодтой сæ къуырфытæй, цыма æддæдæр рабырыдысты — дзæгъæл каст кодтой уыцы бæгъгъæттæй. Цæст сæм бакæсын нæ уарзта. Хуыссæгæн бынтон нал фæрæзта — ныр цал æхсæвы æмæ цал боны нал бафынæй кодта! Иухатт хæтæл феуæгъд и йæ дзыхæй, йæ сæр гобанмæ æрхауд, чидæр æм фæцырд устытæй, баз ын акодта йæ сæры бын. Фæлæ, куыдцæр сæр базыл æрæн- цади, афтæ фесхъиудта Дзæх, йæхи раппæрста базæй æмæ та уыцы уæддæфцьирæнмæ фæлæбурдта. Цæссыгтæ ньптæр-гæр кодтой йæ рустыл, хид та цæппузыртæй абадт йæ ныхыл.
Тæрхон 339 Ацæйы бон сулæфын нал баци. Разылд æмæ гом дуа- рыл æддаг уатмæ рахызт. Уым тæккæ рахизæны иу гыц- цыл гауызгондыл бадт Дзæхы чызг — нырма бадын йед- дæмæ ницы зыдта — йæ уæлхъус та æрмттæдæлармæй лæууыд йæ мад æмæ гом дуарæй мидæмæ каст йе ’дзæм цæстытæй. Ацæ дзыхълæуд фæкодта: кæмдæр федта ахæм ныв, журналы кæмдæр. Уым дæр афтæ æрмттæдæлармæй лæууыди æрыгон сылгоймаг, уым дæр афтæ йæ разы бадти хæрз гыццыл чызг — цыдæр цыртдзæвæны хуызист. Уый- бæрц æрхæндæг дзы зынд, æмæ йæм лæг кæсын нæ фæ- рæзта. Чи сарæзта цыртдзæвæн, уый нал хъуыды кодта, цæй фæдыл арæзт æрцыди, уый дæр дзы байрох æмæ ныр касти мад æмæ чызгмæ, кæд йæ зæрдыл æрбалæууид уыцы цыртдзæвæн — чи йæ скодта æмæ йæ, цæй фæдыл скодта, уый. Касти сæм, фæлæ — нæй, ахæмæй йæ хъуыдымæ ницы цыд. Годжиа йæ худы хъусыл схæцыд, худы гоппыл æй ба- фæлдæхта, фæлæ хъус нæ фæлæууыд уым, фæстæмæ рахауд æмæ та зæбулæй аззад. — Куыдзы туг дыл ныккæлæд, цы хъус дæ, куы ма æрлæууай, уæд! — ралгъыста худы хъус Годжиа æмæ Хохы ’рдæм аздæхт. Хох бадти каурæбын иу стыр дурыл, йæ цæнгтæ кæрæдзийы бын бакодта æмæ сыл йæ уæрджытæм агуыбыр. Йæ лæдзæг йæ уæхсчы сæрмæ хъилæй баззад. Годжиа йæм иудзæвгар фæкаст, стæй йæм бадзырдта: — Фынæй ма бауай, Хох? — Ницы бадæн фынæй. Фынæй æхсæв куынæуал кæ- нын, — йæ къух раласта Хох иннæ къухы бынæй, йæ цæ- стытæм æй схаста, асхъаудта дзы йæ цæстытæ, цыма цы- рæгътæ уыдысты æмæ хорз нал рухс кодтой, стæй фæстæ- мæ ныййиста къух æмæ та йæ цонджы бын бакодта. — Уыцы хъæбæр дурыл де знаджы синтæ ахаудзысты. Ныр ыл уартæ кæдæй нырмæ бадыс. Ацæйы зæрдæ дæр дзырдта Хохимæ, фæлæ лæгтæ уыцы æдзæмæй бадтысты, æмæ йæм исты бадзура, уый нæ фæ- рæзта. Ныр гыццыл куы базмæлыдысты лæгтæ, уæд æм æввахс балæууыд. — Хæдзармæ уал цом, Баба. Хох æм уæлæмæ скаст. — Ам дæ, цы, ды дæр? Æмæ дыл мæ цæст куы нæ
340 Хуыгаты Сергей æрхæцыди. Хуыздæр фæу — цæуынмæ нæ, фæлæ сыстын- мæ дæр нал хастон мæ ныфс. — Лæг йæ мидбынат базмæ- лыд. Ацæ йæм йæ къух бадардта. Хох йæ иу къухæй Ацæйы цонгыл æрæнцад, иннæ къухæй — йæ лæдзæгыл. Сыстад, йæ уæнгтыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ йын æнхъæл куыд ничи уыд, афтæ ныууынæргъыдта: — Уæдæ цы ’гъатыр у тæригъæд! Уый кæй фæдыл бафта, уымæн оффытæй нал у! — Уый фæстæ йæ сæрыл схæцыд, Ацæ йын йæ кæрцы дысмæ бавнæлдта æмæ уынджы хурвæрсты араст сты фа- лæмæ. Лæгтæй иу-цалдæр къахдзæфы куы фæфалдæр сты, уæд æрлæууыд Хох. Æрлæууыд Ацæ дæр. — Ныр мæ суадз, ныр мæхæдæг цæудзынæн. Мæ къæхтæ мæ быны бахуыс- сыдысты, хъæбæр дурыл фæбадтæн æмæ. Ныр æрæмбæр- стой. Ныр сын ницуал у. — Æмæ та араст сты. Хох цыди чысыл раздæр. Ацæ йæ фарсмæ чысыл фæсте зад æмæ уыдта — йæ цырыхъхъытæ, йæ къахдзæф цас уыд, уыйас нæ иста Хох — æрдæгæй фалæмæ-иу сæ йæ фæдыл бала- сæгау кодта, цыма йын уæгъд уыдысты цырыхъхъытæ, уый хуызæн, æмæ хъуыды кодта Ацæ — куыд нал фæразы йæ цырыхъхъытæ йæ къахдзæфы йас исын! Æнæуи дæр фæгыццылдæр. Бирæ фæгыццылдæр. Æмæ куыд фæгыц- цылдæр, стыр диссаг нæу?! Æрæджы дæр ма стырдæр уыди, хæрз æрæджы дæр. Раздæр та, йæ тæккæ лæджы кары куы уыд, уæд бæрæг дардта адæмы ’хсæн, хох къуылдымтæ ’мæ рæгъты ’хсæн куыд бæрæг дара, афтæ. Бирæ агурын æй нæ хуъыди. Йæ дзырддаг кæимæ фæуыдаид, уымæ, дам-иу, йæ хъæбæрхоры куырисы хуызæн æрфгуытæ куы фæпыхцыл кодта, уæд, дам-иу, ыл ризæг бахæцыд. Афтæтæ дзы фæдзурынц лæгтæ. 2 Фæлæ иу хъуыддагыл фæдис кæны Ацæ: алцы тæри- гъæдæй куы бары, тæригъæд цы у ’мæ цы нæ у, уымæй, уæд йæхæдæг афтæ кæй сгыццыл, уый тыххæй куы ни- куы батæригъæд кæны йæхицæн? Бирæ нæ, фæлæ афтæ куыд никуы фæзæгъы: «Уæд зæронды цы сфæлдыста, уый йыц йæ тæригъæд бахæрæд!» Уæдæ иннæ зæрæдтæ алы къахдзæфæн куы дзурынц афтæ. Æвæццæгæн, æрдзы фæтк цы амоны, уым æм тæригъæдæй ницы зыны. Лæг кæй зæронд
Тæрхон 341 кæны, æдых æмæ кæлæддзаг кæй кæны, уымæй æрдз йæ тæригьæды нæ цæуы. Ницы йæм хауы йæ тæригъæдæй. Æвæццæгæн, адæймагæн йæхицæн цæрæгойтæ ’мæ зайæ- гойтæ цы бынаты æвæрд сты, æрдзы фæткæн та адæймаг йæхæдæг ис уыцы бынаты æвæрд. Адæймаг сæ астæу лæууы æрдзы фæтк æмæ æрдзон дунейæн. Сæ иу ын йæхи- цæй кайы, иннæмæй та кайы йæхæдæг. Æмæ дзы иуыр- дыгæй цы кайд цæуы, уый йæм æфты иннæрдыгæй. Æмæ нæ цуды сæ дыууæйы ’хсæн лæг. Иуырдæм дæр нæ уæз- гæ кæны се ’хсæн. Æнæуи Ацæмæ тынг чырыстон зыны Хох. Раст ын цыма Чырысти йæхæдæг бафæдзæхста: ацу æмæ адæмæн ра- дзур, зæххыл тæригъæды бацæуынæй æбуалгъдæр кæй ницы и. Æмæ Чырыстийы зонд чи хæццæ кодта адæммæ, уыдон иудадзыг уыцы куыст куыд кодтой, афтæ Хох дæр: иудадзыг — тæригъæд. Тæригъæд фыдæй-фыртмæ никæ- мæн батад, искæй тæригъæды чи бацæуа, уый у æнамонд. Тæ- ригъæды чи нæ бацæуа, уый у амондджын. Афтæ иудадзыгдæр. Цыма йын хæс бачынди уыцы хъуыд- даг. Цыма бæрнон у уыцы хъуыддаджы. Цыма чырыстон дины бæрнонтау у уый дæр. Æмæ йæм фæхъусынц сабыр, æмæ сын сабыр фæдзуры Хох дæр — уæдæ тæригьæд кæй нæ тайы, уый тыххæй хъæрæй дзурын цæмæн хъæуы! Афтæмæй æрдæбон куыд ныууынæргъыдта! Цыма æгас хъæуыл хъæр кодта. Æгас хъæуыл нæ — æгас дунейыл. — Аскъуыдысты хæдзары дзагæй. Зорианы тæригъæд сыл бафтыди æмæ сæ мыггаг-змæлæг нал ныууагъта! — ныууынæргъыдта та Хох æмæ æрлæууыд. — Бакастæ уыцы тæригъæ дд агмæ ? — Гъо, — æрлæууыди Ацæ дæр. — Федтай йын йæ утæхсæн? — Гъо. — Уый уæды тæригъæдтæ фиды, гъе! Ацæ æнхъæл уыд — радзурдзæн Хох уыцы тæригъæд- ты тыххæй, уæдæ цы кæндзæн! Чи сæ бацыд Зорианы тæригъæды, цæмæй бацыди йæ тæригъæды. Фæлæ Хох ницы дзырдта. Ницы дзырдта Ацæ дæр, æмæ лæууыдысты. Хох йæ урсхæццæ тъыфыл æрфгуытыл бæрзонд схæцыд æмæ афтæмæй кæдæмдæр каст Ацæйы фæрсты. Ацæ тыхсти уыцы кастæй æмæ æддæдæр алæууыди. Стæй та базмæлыди
342 Хуыгаты Сергей Хох — фьщцаг йæ лæдзæг базмæлыди, стæй — йæ цырыхъ- хъытæ. Æмæ та райхъуысти йæ ныхас дæр. — Тæригъæдджынæй ныууагъта йæ хæдзар, æмæ тæ- ригъæдджын хæдзарыл цард хæцы?о! Нæ, тæригъæдджын хæдзарыл цард никуы æрхæцдзæн. Йæхицæн хæсты ’фсон фæуæд, хæст уыди ’мæ. Фæлæ иннæтæ та! Æмæ сæ иу амæлыны адæймаг куы нæ уыд. Æмæ сæ иу куы нæ ра- рынчын æмæ йæ уаты куы нæ амард. Æвирхъауы мард куы акодтой, цал уыдысты, уалæй. Афтид Бырæгъон цы хъизæмар ахаста мæрдтæм, уый æгас хъæуы мæрдтæ куы- нæ ахастой. Ацæйæн йæ цыд куыд фæтагъддæр — нæ йæ æрхатыд- та, хъуыдытыл фæци, æвæццæгæн. Баййæфта Хохы æмæ йæ куы баййæфта, уæд æм кæсгæйæ аззад: кæуæг лæджы хуызæн æм фæзынд Хох, мардмæ кæугæ чи фæцæуы, ахæм лæджы хуызæн, — йæ сæр уæлиау систа, Ацæ ма йыл дис дæр бакодта, уæдæ бадгæ куыд гуыбырæй фæкæны! — æмæ комкоммæ размæ каст. Цыди æмæ дзырдта. Æдде бакæсгæйæ та афтæ зынд: цæуы æмæ кæуы, иронвæндаг- гæнгæ чи фæцæуы, уый хуызæн. — Æмæ фæткуыл ус уыди? Хъæд-мæцъисы хуызæн. Æнæуи дæр кæм уыди ахæм сылыстæг! Хъургъы ныххауд. Ам хъургъытæ нæй, фæлæ уым бирæ хъургъытæ и, хæх- бæстæ у ’мæ. Иу дзы нæ бынмæ уыд, цæндджыны. Уал- дзæджырдæм-иу ратыдта. Æрсдон-иу ракалд æмæ-иу бæс- тæ ласта. Ахæм хъургъ уыди, гъе! Уый суджы æргъом æрбацæйхаста, мæгуыр йæ удыбон фæуа, Уынгæгкомæй, цыдæр хуыцау æй ууылты бауагъта. Æниу ныхæстæ цæуы мæнмæ дæр! Уым Хуыцауы хъуыддагæй æппындæр ницы уыди — тæригъæд æй бацæуын кодта ууылты, Зорианы тæригъæд. Хъургъы сæр уæдмæ стæнæг и æмæ йæ нæ бау- рæдта уыцы уæззау æргъомимæ. Ныттыдта йæ быны, æмæ дзы аирвæзт. Уæддæр ма иу Хуыцау хорз уыди, æмæ йæ сугтæ хъæбæр миты ныхстысты æмæ йæ бынмæ нæ ауагъ- той, æндæр ын йæ мард дæр нал ссардтаиккам. Ацæ дис кодта — афтæ цæмæн кæсы размæ Хох? Ахæм хабæрттæ чи фæкæны, уый йе ’мбалимæ фæцæуы фæрсæй- фæрстæм. Кæсгæ дæр бакæны йе ’мбалмæ. Уый та уартæ кæдæм сарæзта йæ цæстытæ! — Чызг сæм уыди, мæнæ Дзибулы хистæр. Ныр фæн-
Тæрхон 343 дыр цагъта, цагьта ’мæ загьтаис, дæттæй, дæумæ хъусы- нæй бафсæд, æндæр мæ ницы хъæуы! Мард нæ фæлæууы- даид æнæ ракафгæ йæ цагъдмæ, мард! Æнæуи цæрдæг, æвзыгъд, алцæмæ зæрдæргъæвд. Йæ чындздзон кармæ ахæццæ, афтæ иу бон донмæ ныууад, уым ахауд, доны был, фæфæдис æм сты, схастой йæ, дыккаг бон æрбамар- ди. А Дзибулы дæхæдæг зыдтай — хъæуы нæ, фæлæ æгас районы дæр хуыздæр ничи сифтыгътаид тракторыл æмæ йыл рæсугъдцæр ничи сбадтаид. Мæнæ номы барæг хорз дугъон бæхыл куыд фидауа, афтæ йыл фидыдта, гъе! Далæ йæй Мæскуымæ дæр куы асидтысты цалдæр хатты. Дæллаг быдыры æрбарынчын. Дохтыртæм æй аскъæфтой, æмæ, дам, йæ ахсæн фæхуынкъ и. Гæр, æмæ кæдæм хуынкъ кодта, ахсæн уыди ’мæ! Быргæ йыл нæ кодта. Де ’дде йæ тæригъæд æрсырдта, æмæ тæригьæдæн дохтыртæм цæй хос и! Уæдæ Сеуæ чи уыд, йæ кæстæр æфсымæр Дзибулæн, уый дæр куыд нæ зыдтай. Зæхмæ мур не ’руагъта йæ фыдæй, уыцы тæригъæдцжынæй. Æфсадмæ йæм^асидтысты, уырдыгæй уæйыджы хуызæнæй æрыздæхт. Йæ тымбыл бæрзæймæ йын лæг кæсынæй не ’фсæст. Къуыри фæци ам æви гыццыл фылдæр, афтæ йæ уалæ уæллагсыхы лæппутæ цуаны акодтой æмæ, дам, ыл мигæнæн фехæлд. Йæ мард ын æмбисæхсæв æрхæццæ кодтой. Уæд ыл кæдæм хæлди уыцы мигæнæн! Æртæ азы йемæ куы фæцархайдта, уæд ын йæ ифтындзын нæ базыдта! Фæлæ афтæ у — тæригъæд кæй фæдыл æфтыд фæуа, уымæн дзы фервæзыны амал нæй, йæхиуыл фараст дуары куы сæхгæна, уæддæр! Фæстаг ныхæстæ загьта хъæрæй. Æмæ сæ куыддæр загьта, афтæ æрлæууыд йæ цæуынæй дæр. Æрлæууыд æмæ уæззау улæфыд. Ацæ та-иу æм бакаст — цæмæн афтæ улæфа? Кæд цæугæ-цæуын кæй дзырдта, уый тыххæй? Æмæ цæугæ- цæуын амæй размæ никуы дзырдта! Уæдæ ’мæ уæззау ха- бæрттæ кодта æмæ бафæллад, æнцон нæу, нæ, уæззау хабар кæнын. Ныр лæууыдысты сæхи раз. Уæртæ сæ кулдуары фарсмæ сисрæбын дзæбæх бандон, лæгъз фæйнæджытæй арæзт, фæстæмæ æнцайæн дæр ын ис. Хох æм иудзæвгар фæкаст, стæй йæм къухæй ацамыдта, фæлæ дзурын ницы сфæрæзта. Уæддæр та йæм ногæй адардта йæ къух æмæ уæд загъта: — Æз уæртæ уым гыццыл/абадон.
344 Хуыгаты Сергей Ацæ йæм хæстæгдæр балæууыд. Хынц ныхас æм сфæ- рæзта: — Æмæ уым дæр бадгæ куы кодтай, уартæ уынджы дæр. — Уым дæр бадгæ кодтон, уæдæ дзы цы ми кодтон, фæлæ ай дзæбæх бандон у, нæхи бандон, æмæ йыл гыц- цыл куы абадин. — Æмæ дын стонджы нæу? — Стонджы нæ, фæлæ топпыцæф дæр нæ ныххиздзæн мæ хъуыры. Ды ацу, хæргæ дæр исты бакæ, дæ сывæллæтгы гæх- хæттытæм дæр æркæс. Æз гыццыл абаддзынæн, стæй бацæу- дзынæн æз дæр. Цы мын хæлæг кæныс ацы хъарммæ абадьш? Уыцы фæстаг ныхæстæ лæгъстæйы хуызæн фæзындыс- ты Ацæмæ æмæ йын фæтæригъæд кодта. 3 Ацæ лæууыди йе стъолы уæлхъус. Стъолыл — тетрæд- ты æнæхъæн рæдзагъд. Ныр æнæмæтæй сбад æмæ сæ кæ- сынтæ райдай! Цымæ цытæ фæфыстой. Фыццаг хатт сын радта ахæм хæдзармæ куыст. Куысты ном куыд схона, ууыл бирæ фæхъуыды кодта, стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд Биб- лийы фæдзæхст: «Ма амар!». Æмæ йæ уый дæр афтæ ра- хуыдта: «Тæригъæды ма бацу!». Уый дæр фæдзæхст у, уæдæ циу! Æниу чи амары, уый тæригьæды нæ бацæуы. Æмæ уымæй стырдæр тæригъæд куы нæ и зæххыл — ама- рынæй. Æнæуи дæр иугъуызон сты — чи амары, уымæн йæ тугисæг йæ фæдыл куыд зилы, афтæ, тæригъæды чи бацæуы, уымæн та тæригъæд йæхæдæг зилы йæ фæдыл афтæ. Кæд æй æрæййафдзæн æмæ йæ кæм æрæййафдзæн, уый сæ иуæн куыд нæ у бæрæг, се ’ннæмæн дæр — афтæ. Уыдæттæ Хох фæдзуры Ацæйæн. Æмæ, цымæ, цытæ фæфыстой? Тетрæдтæй иу систа, æркæстытæ йæм кодта æмæ йæ фæстæмæ иннæты сæрмæ баппæрста. Уыдонмæ лæмбынæг кæсын хъæуы, æмæ уымæ ныртæккæ зæрдæ нæй. Цæмæн ма æрбадтаид сæхи дуар- мæ Хох? Нæ, лæгты цурæй уый тыххæй нæ рацыди, æмæ ма уым æрбада. Уыцы хъуыды йæм уым æрцыди, сæхи раз. Æмæ йæм цæмæ æрцыдаид? Цы ’рбалæууыд йæ зæр- дыл? Цы уæззау мысинаг ыл стых и, цымæ? Уыцы хъуыдытæгæнгæ къуымты разылд. Рудзынджы
Тæрхон 345 размæ бацыд æмæ цæхæрадонмæ сарæзта йæ цæстытæ. Бæ- лæстæ дэер бамбæрстой, уалдзæг кæй æрцыд, уый. Ныр та фырцинæй дидинæг калдзысты æмæ та афтæ зындзæн: зæх- хыл цыдæриддæр урсбазыр æмæ сырхбазыр гæлæбу ис, уыдон ныттымбыл сты ацы бæлæстыл, æмæ та мыдыбындзытæ се ’нæрхъæц дывдывимæ сæ алыварс зилдух кæндзысты æмæ та уæззаудавицы змæлд бахæцдзæни бæлæстыл. Касти рудзынгæй æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд, а фæз- зæджы дæлæ уым куы бадтысты æмбонды рæбын, уæд ын цы хабар ракодта Хох, уый. Æнцойбон уыд, æмæ йæ сæ зымæгон кæрдо тоныныл бафтыдта. — Фæззыгон арвыл æууæнк нæй. Æхсæвæй райсоммæ дæр кæцырдæм ныззилдзæн, уый ничи зоны, — загъта йын Хох, аходæн куы бахордтой, уæд. Бонрæфты йæхæдæг дæр ацыд цæхæрадонмæ. Уым æрбадти æмбонды рæбын зæронд бæласы зæнгыл. Йæ фæстæ — хъæллæгъы куыристæ хъил, йæ разæй — хур, фæззыгон удæхцон хъарм хур. Æмæ уыцы хъарммæ ай- тынг ис Хох. Цыдæр хъуыдытыл бафтыд — йе ’рфгуытæ- иу фæтъæбæртт кодтой æмæ-иу ныхы астæу абадтысты — уыдæттæ хорз уыдта Ацæ, кæд æм кæсгæ комкоммæ нæ кодта, уæддæр. Ацæйы дæр фæндыди уым абадын, стæй Хохы дæр афтæ фæнды — хатыдта йæ уымæн рацыди ардæм дæр. Æмæ тагъд кодта — куы-иу иуырдыгæй авæрдта йæ саджил асин бæласмæ, куы — иннæрдыгæй. Куыддæр тынд фæци, афтæ уал кæрдотæ дæр фæуагъта хурмæ, æрбадти Хохы дæле. Æмæ йын ракодта уыцы хабар. Уый дæр, фалæ ма куы цардысты, уæд æрцыди, фæй- нæ хъæуы цардысты Сосе æмæ Бигъа. Фæлæ хæстæг кæ- рæдзимæ хъæутæ — æмвынг, æмарæн. Сосе куырм уыди, йæ развæндаг не ’взæрста. Æнæуи зæххыл куы фæзылда- ис, уымæй æнæтæригъæддæр уд не ссардтаис, ахæм лæ- джы мыггаг уыдис, гъе. Иу уалдзæг куы уыди, уæд йе скъæты къул ракалд. Сыджытæй амад уыд, æмæ йын къæв- да фæласта йæ сыджыт. Дуртæ ма цæуыл хæцыдаиккой, ныххæр-хæр кодтой æмæ зæххы балæууыдысты. Ныр а Бигъа — сисамайæг. Уый дын сис самадта, сис, уæд загътаис: афтæ цард дæ хæдзары, уый лæджы къухтæй цы рацыд! Гъемæ дын дыууæ лæджы куы бафидауиккой: Бигъа
346 Хуыгаты Сергей йын йæ сис самайдзæн. Сосе йын дыгæрдыг ратдзæн, чи схъазыд, ахæм дыгæрдыг. Февнæлдта Бигъа, нæ йын йæ бын ракъахта къулæн, нæ æндæр, афтæмæй дуртæ кæрæд- зийы æккæйтты авæрдта, айсæрстытæ сæ кодта æмæ, дам, фæдæн. Мæнæ, дам, æй фен. Сосе, мæгуыр, цы федтаид! Хорз æй фæхынцта, раарфæ йын кодта, дыгæрдыг ын ра- уагъта, æмæ йыл Сосе йæ разæй ахъæр кодта. Ныр хъусгæ кæ! Уымæн йæ дыккаг бон фæхуд-фæхуд кодта, афтæмæй йæ сыхæгтæй кæмæндæр куы раппæлид: абонæй фæстæ- мæ куырм лæджы йеддæмæ æндæр лæджы куыстмæ мæ къух нал фæкæндзынæн. Хох йæ ныхасæй фæлæууыд, йæ цæстытæм сæвнæлдта, асхъаудта сæ. — Афтæмæй дын Хуыцау хорз ракæна, хосгæрдæнты лæг йæ цæстытæй хъæрзын ма райдайа! Сæ сыг ын мызти, хурмæ скæсыны бон æй бынтон нал уыди — йæ сæрыхъуын- тæ тонынмæ-иу æрцыд, мæнæ хуры цæстмæ фæкомкоммæ и, уæд. Дохтыртæм фæцыди, фæрауын-бауын æй кодтой, хостæ йын рафыстой. Нæй! Цæстытæм банцайыны фæн- дæй ницы уыди. Бамбæрста хъуыддаг: Сосейы тæригъæд æй æрсырдта! Галгуыф чъыр баласта, йæ лæппуйы йемæ акод- та, къул ракалдта æмæ йæ нæуæгæй амайын байдыдта. Афтæмæй дын Хуыцау хорз ракæна, иубон куы уыди, уæд дур æркъуырдта дзæбугæй, дурæй схъис атæррæтт кодта æмæ лæппуйы рахиз цæсты амидæг. Дохтыртæм æй ас- къæфтой æмæ йын систой йæ цæст дохтыртæ. Уымæй, дам, ницуал пайда и, фæлæ, дам, йæ хæрам иннæ цæстмæ дæр бахиздзæн. Афтæмæй лæппу иу цæстимæ баззад, уый хуызæн усгур лæппу йæхæдæг ма, цалынмæ æфцджытыл мит хæцыд, уæдмæ æвзæрста йæ развæндаг. Стæй саугуырм баци. Афтæ йын ракодта уæд уыцы хабар æмæ йæ афтæ ба- дардта йæ зæрдыл Ацæ. Цыма кадæг уыд, — иунæг дзырд дæр аппарæн кæцæй нæй, иунæг дзырд дæр бафтауæн кæдæм нæй. Ацу æмæ йыл ма баууæнд! Ацæ бадгæйæ, баззад — тынг æм бахъарыд бигъайы хабар. Хох дæр мæ цасдæр абадт æнæдзургæйæ, стæй йæ бынаты базмæлыд, цыма Ацæмæ куыд фæхæстæгдæр уыдаид, афтæ йæ фæндыд æмæ ма бафтыдта йæ ныхасыл:
Тсерхоп 347 — Алы хатт алкæй афоныл не ’рсуры тæригъæд — уый вæййы. Бирæ тæригъæдджынтæ ис æмæ сæ цард арвитынц, уæддæр нæ базонынц, цы тæригъæды бацыдысты, уый азар. Цыма кæмдæр згъуыды аирвæзы уыцы азар. Гъомæ згъуы- ды дæр аирвæзæд, фæлæ уым дæр кæдмæ хъуамæ джиуа, згъуыды?! Тæригъæд тæригъæд уымæн у, æмæ кæй фæ- дыл æфтыд уа, уымæн æнæ æрæййафгæ нæй. Хъуамæ тæ- ригъæды цæугæ чи кæны, фидгæ дæр æй уый кæна. Хæс у тæригъæд, хæс, хъаймæты хæс. Ацæ фæстæмæ баздæхти тетрæдтæм. Æрдæбоны тетрад та райста, рафæлдæхта йæ — гыццыл дзы акæса, хæрз гыццыл, кæддæра цæмæй райдыдта. Æмæ йæ цæстытæ аз- гъордтой уыцы комкоммæ рæнхъытыл: «Мæнæн уыд хис- тæр æмбал. Уый цы куывды нæ ныззарыд, уый цы хъазты нæ ракафыд, уыцы куывд æмæ уыцы хъазт нæ фидыдтой. Йе ’гьдау ын дисæн хастой æгас хъæуы фæсивæд. Куы бахъомыл æмæ æфсадæй куы æрыздæхт, уæд милицæйы ныллæууыди куысты — æвæццæгæн, æгъдауыл афтæ иузæрдыг кæй уыд, царды астæумагъзыл æгъдау кæй ны- мадта, уымæн бацыди милицæмæ дæр. Иухатт цалдæрæй, æвзæргæнджыты къорд цы хæдзары бабадт, ууыл æрхъу- ла сты. Кæрæдзийы æхсын райдыдтой. Уым мæлæтдзаг цæф фæци. Йе ’вæрæн бон мæрддзыгой устытæй кæмæй- дæр фехъуыстон: — Тамæйы тæригъæд æй цæрын нæ бауагъта. Уæд фыццаг хатт ныхъхъуыды кодтон, уыцы дзырд цы нысан кæны, ууыл. Уæд бамбæрстон, тæригъæд цы амоны, уый...» Ацæйы хъустæ ныггуыр-гуыр кодтой. Уый Цæрайы кой куы кæны! Æмæ йæхæдæг дæр кæмæйдæрты куы фехъуы- ста уæд уыцы ныхæстæ. Æцæг уыдон Тамæйы бæсты Тай- бæт дзырдтой. Уымæн æмæ Тайбæт хуынди уыцы чызджы ном. Уый йын ивгæ акодта йæ ном, скъоладзау. Тетрад йæ къухы баззад, афтæмæй лæууыди Ацæ — йæ цæстытыл уади Цæра: тымбылдзæсгом, худæндзаст. Кæуыл- иу амбæлд, уымæй-иу цыма æфсæрмы фæци — йæ мид- был-иу æм фæлмæн бахудт. Искæмæ цы фæкæса, искæ- мæн цы аххуыс кæна, æндæр ын мацы радт. Йæ мад æй фырбуцæй адæмы лæппу хуыдта. Æмæ сног сты уыцы рагон хабæрттæ Ацæйæн.
348 Хуыгагпы Сергей Ибыри Уырысмæ цæуаг уыди кусынмæ. Фыццаг уал- дзæджы-иу йе ’мбæлттыл разылд, йæ кусæнгæрзтæ-иу атым- был кодта æмæ-иу афардæг. Уым-иу Уырысы хъæуты на- рдуатæй куыстой. Фæззæджы-иу дунейы æхца æрхастой, хъæуы-иу æндæр кой нал уыди. Уыдон та лидзгæ æркод- той, Тайбæттæ. Кæмдæр, дам, Астæуккаг Азийы цардысты, мæгуыргъæд хæдзар уыдысты. Лæг сын нæ уыд, сæ лæппу та нуæзтуарзаг уыд æмæ уайтагъд уынгты хай баци. Æмæ Тайбæт цæсты нæ ахадыдта, кæд-иу æм лæппуйæ-лæгæй рудзгуытæй кæсыныл фесты, уæддæр. Уыдон цы сæрд æрлыгъдысты, уыцы фæззæджы цы- дæр раджы æрцыдысты Уырысæй Ибыриитæ. Чызгыл йæ цæст схæцыди Ибырийæн, цы! Йæ фæдыл бафтыд, йæ алы- варс суаддзалх. Цыдæр къленц-мленц дарæс æрхаста, уыдон- иу акодта, куы-иу йæ ныхмæ цæуæг фæци, куы-иу йæ фæрсты æрбауади. Æмæ гыццылгай æрсасти чызг, æрæууæндыд ыл. Стæй, æвæццæгæн, ома ацы мæгуыр цардæй дæр кæд фер- вæзин. Йемæ дæр-иу алæууыд. Иухатт сæ йæхæдæг дæр федта иумæ Ацæ уалæ Залгъæдджыны. Сæ фысты размæ ацыди. Изæр кодта, фæлæ фыстæ никуыцæй зындысты. Иу къахвæндагыл бадугъ кодта æмæ иу ран, къутæртæ кæрæ- дзийыл кæм батыгуыр сты, уым иу къутæры хъæбысы бад- тысты. Ибыри йын йæ астæуыл йæ цонг æрбатыхта æмæ йыя йæхимæ хæцыд, фæлæ Тайбæт залгъæды къалиу æр- цахста æмæ йын нæ куымдта йæ бынатæй фезмæлын. Аф- тæмæй худти йæ урс-урсид тъæпæн дæндæгтæй. Æрмæст сæ иунæг уынд акодта Ацæ æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæци. Цæмæйдæр сæ тæрсгæ дæр фæкодта. Æмæ хъуыды кодта лидзгæ-лидзын: нæ йын куымдта, афтæмæй худти. Кæд ын нæ комыс, уæд ма худгæ та цæуыл кæныс! Уæдæй нырмæ йæ цæстыты раз баззад уыцы ныв. Уыи фæстæ сæ никуыуал федта — нæ иумæ, нæ хицæн- тæй. Йæ уалдзæджы амарди Тайбæт. Хох æмæ Гæццо зианмæ цыдысты. Раджы ма уыд æмæ уал уым æрбадтысты, дæлæ сæхи бандоныл — уæд дæр уалдзæджы улæфтæй бæстæ бахъарм — æмæ ныхæстæ кодтой. Ацæ та чысыл фалдæр бадти æмбонды рæбын æмæ чиныг касти. Уырдæм æм хъуысти сæ ныхас лæгтæн. — Ныр а Ибыри цы фæци? Йæхи кæм бамбæхста — ницы дæ хъустыл æрцыд? — бафарста иу афон Гæццо.
Тæрхон 349 — Уый тæригъæдæй йæ Хуыцау фæндаджы сæрдæнтæ фæкæнæд! — ралгьыста Хох. — Далæ æркъуырдта æмæ адымдта йæ хæтæнтæм. — Нæ кæсыс, нæ! фестъæлфыд Гаццо. — Уæдæ ма йын искæмæй аргъуц кодтаид. Фæлæ уыцы æфсымæрæй æнæ ’фсымæр хуыздæр у. Æндæр дын дæ хойæн исчи афтæтæ бакæна æмæ дыууæ хъуыррытты ма скæнай йæ сæрыл! Фыццагон рæстæджы-иу ахæм хъуыддæгты тыххæй лæгмæрдтæ æрцыди — нал æй хуъыды кæныс, дæ мæрдтыстæн? Хох æм ницы сдзырдта æмæ та уæд загъта Гæццо: — Ныр дзы куы нæ рынчыны хабар райхъуыст, куы нæ — æндæр, уæд куыд æрбамарди, мæгуыр? — Маст æй бахордта, маст! — загъта хъæрæй Хох. — Цы и мастæй æвзæрдæр! Иу фыдбылызы æгъдау та йæм уый и æмæ, бирæгъ хурхуадындзтæм куыд лæбура, афтæ ай та кæд нæ лæбуры улæфæнтæм, а маст, æмæ ахæм хы- рыз улæфæнтæ кæмæн уа, уый ма сывæллон ныййардзæн. Куыннæ мын амæлдзынæ! Аскъуыдысты йæ улæфæнтæ æмæ йæ гæндзæхтæ бацагъта. Дыууæ азы бæрц никуыцæй фæзынд Ибыри. Стæй æр- цыд æд ус, æд лæппу. Ам сæм лæппу нал райгуырд, æмæ Цæра иунæг æфсымæр уыд цалдæр хойæн. 4 Хох бадти сæ дзæбæх бандоныл. Сæхæдæг æй сарæзтой Хох æмæ Ацæ. Мæнæ йыл фæстæмæ анцайынæн цы дæргъæй-дæргь- мæ лæгъз фæйнæг хуыд и, уый куы рахаста Ацæ мидæгæй, уæд ын Хох йæ кæроныл схæцыд, бирæ йæм фæкаст. — Æвгъау нæу ам хуыйынæн ацы фæйнæг? — Нæу, — хъæлдзæгæй загъта Ацæ. — Исты куы фæ- кусы, мæнæ ахæм хъæууон куыст, уæд уæлдай хъæлдзæг свæййы. — Цас хуыздæр уа, уыйас тагъддæр исдзæн фæ- сонты фæллад. Æмæ-иу æй уадз æмæ уайтагъд фелваса. Хох ма йын худгæ дæр бакодта йæ ныхæстыл. Бадти гуыбы- ^æй, гыццыл раздæр уынджы куыд бадти урс дурыл, афтæ. Иæ дыууæ æрфыджы, уæлбыл цы дыууае уагъылыйы къутæр æрзайа, уыдонау хъилæй лæууыдысты. Йæ цæстытæ æрдæг- цъынд æристы, афтæмæй, уæртæ уынджы бæрæг астæу цы
350 Хуыгаты Сергей дæргъæццон цьыф цад уыд, уымæ ныккомкоммæ сты. Касти уырдæм Хох æмæ уыдта уыцы æхсæв æмæ уыцы райсом, дар- дмæ сæ уыдта, фæлæ йæм хорз зындысты æмæ дис кодта — афтæ хорз æм куыд зынынц уыцы дардæй! Кæд сæм арæх кæй аздæхы фæстæмæ, арæх сæм кæй акæсы, уымæн афтæ уыд. Уæд цыхтахсæны куыста. Хъахъхъæнæгæй дзы куыста, æхсæвгæс хъахъхъæнæгæй. Æмæ тамако æууылдта. Уый размæ дæр-иу аууылдта искуыдæй-искуыдæм, фæлæ хæст куы райдыдта, уæд ыл бынтондæр бафтыд. Уыцы æхсæв Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ йæм тамако — нал. Агуры дзыппыты — нæй. Худы счъилы агуры, уым дæр — ницы: иу æууылд-иу кæй бакодта, уый-иу худы счъилы авæрдта, уый фæстæ ма йæ ноджы иу æууылд куыд бакæна, афтæ. Кæрты иуырдæм ахъеллау кодта йæхи аирхæфсыны тых- хæй, кæд дзы тамако айрох уаид, иннæрдæм ахъеллау код- та — нæй, цæй ирхæфст æмæ цæй цыдæр, дзæгъæлтæ кæнын байдыдта æнæ тамако. Бæх æм уыд. Бæхыл абадт. Уайтагъд бахæццæ. Куыройдоныл бауад. Ныр хъæумæ фæ- хæрд кæнон, куыд загъта^ афтæ йæ тæккæ размæ фæци дзоныгъ, æнæгал дзоныгъ. Йе ’рмттæ зæххыл адæргъ сты — фаллаг фарс ма рæбыны мит уыди æмæ сæ уый рухсмæ æвзæрста. Дзоныгъыл дунейы голлаг амад. Йæ зæрдæ ныс- сæххæтт кодта — циу ай?! Бады бæхыл. Æнхъæлмæ кæсы. Афтæмæй æнхъæлмæ кæсын æппындæр йæ бон нæ уыд. Уалынмæ уæртæ æрба- цæуы æндæрджы хуызæн иу чидæр. — Ай кæцы дæ, бон дыл нал кæны! — дзуры хъæрæй Хох. Голладжы къуырма тъæпп фæцыди салд зæххыл. Лæ- гæй исдуг ныхас не схауд, стæй йæ хъым-хъым ссыд: — Бон мæнмæ куы кæсид, уæд — бæргæ, фæлæ мæнмæ нæ кæсы бон, нæ. Сæлдыл мын куы нæ фæдæле уой, уæд уый хуызæн дзоныгъ цъыфы æнцон ласæн у! Цы базонын ын хъуыд Дзанджы. Дзургæ дæр ма йæм цы скодтаид — хæсты рæстæг уыди æмæ алчи йæ къухтæм æмхасæнтæ кодта. Æхсæв уыд, бон уыд — йæ фадæттæ кæмæн куыд амыдтой, афтæ архайдта. Ахаста тамако æмæ аздæхт йæ куыстмæ фæстæмæ Хох. Райсом йе ’рбацыдмæ бæстæ фæдис сси. Фæсте къахыл- дзæуæг нал баззад, усæй-лæгæй, стырæй-гыццылæй ныттым- был сты уæзæгыл æмæ дзы къух бакæнæн нал уыд. Зориа-
Тсерхон 351 нæн йæ кæлмæрзæн йæ къухы, йæ сæрыхил ныппыхцыл, афтæмæй йæхимæ лæбурдта, йæ уæрджытæ хоста. Мæ сы- вæллæттæн, дам, дзы сфыцын мæ цæст куы никуы бауарзта, ауæрдгæ, дам, сыл куы кодтон, кæд мын тауинагæн дæр сфаг уаиккой, кæд ма дзы хор дæр алхæнин, уæд ма, дам, ныр куыд хурмæ цæудзынæн ай æппæт сывæллæттимæ! Æхсæз сывæллонимæ баззади, æцæг, амæй ай гыццыл- дæртæ. Амрийæн йæхи, хæст куы райдыдта, уыцы къуы- ри акодтой. Адæм калд хуымы хилтау калдæй лæууыдыс- ты. Ничи сабыр кодта Зорианы, ничи дæр ын ныфсытæ æвæрдта. Цы ныфс ын бавæрдтаид исчи! Йæ бæхæй не ’рхызти Хох, афтæ алæууыд адæмы кæрон, стæй азылдта йæ бæх æмæ уæлæмæ ссыди, уæрмытæм. Сæхи уæрм дæр гом уыди Дзангтæн, картоф дæр дзы гыццыл сис- тæуыд, зынгæ дæр ыл нæ кодта, афтæ гыццыл. Фæлæ Амри- ты уæрм афтидæй баззади, Хуыцаумæ дзынæзта йæ гом дуа- рæй. Цы базонын ма йын æй хъуыд, Дзанг кæй картофтæ фæдæле кодта сæлдыл, уый. Йæхимæ азым иста хъуыддагæй, стыр азым, фæлæ йæ куыд сраст кодтаид, уымæн ницы зыдта. Æрбаздæха уал, хъуыды кодта, кæдæм ын ирвæзы! Иæ фын- дзы хуынчъытæй йын сласдзæн мæгуыр усы^хъиамæт. Фæлæ — нæй! Нал æрбаздæхт Дзанг. Йе йыл уым æр- бамбæлд базары, хæстмæ чи æрвыста, уыдонæй исчи, йе йæхæдæг фæфæнд кодта: йæ уæнджы дзы мигъ бадти, йе ’нæзонгæ куы нæ уыди Хох! Æртыккаг бон ын, Дæллагхъæ- уæй базары чи уыд, уыдонæй чидæр æрбаскъæрдта йæ гал- тæ, дзоныгъы нартхоры голджытæ амад, афтæмæй. Ацыди. Аирвæзт. Хохæй аирвæзт, тæригьæдæй — нæ. Мæй дæр нæма рацыд уыцы бонæй, æмæ йæ сау гæххæтг æрхæц- цæ. Уымæй раздæр никæмæн æрцыд йæ сау гæххæтт уыцы хъæутæй. Адæм сæм æмбырдтæ кодтой. Сæ даргъ стьолыл ын йæ райст-бавæрды хæлаф æмæ хæдон равæрдтой, цыма йæ уæлæ конд уыдысты, уый хуызæн, сæ нывæрзæн сыл уыцы гæххæтг айтыгьтой æмæ сæм иронвæндæгтæ кодтой. Хох ыл нæ бакуыдта. Цæссыг дæр дзы не ’рхауд. Иуварс лæууыд æмæ, уыцы æхсæв голлаг куыд æрбацæйхаста æнæ- гал дзоныгъмæ, уый йæ цæстытыл уад. Йе ’мыр гуыпп дæр- иу фæцыди голлагæн. Зæхх салд уыди ’мæ. Хаугæ йын, æнæнхъæлæджы йæм кæй бахъæр кодта Хох, уымæн æркод- та. Уыййеддæмæ тыхджын уыд. Кæм уыди уый февнæлд!
352 Хуыгаты Сергей Иу голлаг нæ, фæлæ дыууæ голладжы хаста, дыууæ бур голладжы. Йæ дыууæ дæларммæ-иу сæ систа æмæ сæ бумбу- лийау скъæфта. Æнæуи дæр ын æфсис ницæмæй уыд — нæ хæрдæй, нæ нуæзтæй. Зыд æмæ кæрæф. Уыцы аз сæхицæн æртæ бонгæнды уыд картоф æмæ сын тугыл аскъуыдысты. Сæ уæрмыты нæ бацыдысты æмæ ма иу дæргъæй-дæргъмæ уæрм скъахта. Уæддæр нæ фæлæууыд Амриты уæрммæ. Сæ фосимæ хæццæ баирвæзт, уæддæр — афтæ, ахауын-иу æй кодта. Цаддæр хатты йын схъæр и, уæддæр нæ састи. Бадти Хох. Чи йæм бакастаид, уый загътаид, фынæй у. Фæлæ фынæй нæ уыд. 5 Ацæ ма иу зылд æркодта хæдзары къуымты æмæ æддæ- мæ рахызт. Хох уыцы гуыбырæй бадт. Ацæ йæ уæлхъус куыд æрлæууыд, уый нæ бафиппайдта. Лæппу йæм каст æмæ æмбæрста — йæ гаччы нæй, зæронд лæг, цыдæр æй тыхсын кодта. Æмæ йæм хъæрæй сдзырдта, кæд фервæзид уыцы тухæнæй, кæд йе ’муд æрцæуид, æнæуи йæм афтæ хъæрæй никуы фæдзуры: — Цом, сихор бахæрæм, Баба! Хох базмæлыд, фынæйæ чи райхъал вæййы, уый куыд базмæлы, афтæ. Скасти лæппумæ. — Алæ, æз дын амæлон, алæ! Уæдæ афонмæ дæ дзых- мæ къæбæр сис æмæ уа. Мæнмæ цæмæн кæсыс? Цъысс! Æз зæронд лæг дæн æмæ мæ уадз æмæ бадон хурмæ. Зæ- ронд лæгæн иу сахат хурмæ абадын дунейы кæрдзынты йаргъ у, уый зоныс?! — Гъомæ дын уæд та ардæм радавон иу хъарм арахъхъ æмæ иу гыццыл хæринаг. — Гæр, æмæ сыдæй мæлын?! Ам уынджы астæу нуа- зын æмæ хæрыныл схæцон! Æмæ ма мын уый фæстæ исчи мæ къухмæ сыкъайы дзаг ратдзæн! Дæ былы бынæй макуы- уал суадз уыцы ныхас. Ацæмæ уайдзæф бахъарыд, йæ цæстытæ зæхмæ æруагъта. Хох æй бамбæрста æмæ йæ ныхас фæфæлмæн кодта: — Ацу, хæргæ дæр бакæ, гьæуым де скъолайы гæхæттытæм дæр æркæс, кæннæуæд та сыл ахсæв баддзынæ, æмæ æнцон нæу æхсæв бадын, нæ. Æхсæв хуыссынæн радта Хуыцау адæ-
Тсерхон 353 мæн. Æз дæр ма гыццыл абаддзынæн мæнæ æмæ фæцæуын. Ацæ уæддæр лæууыд — куыд æй ныууадза ам æмæ йæхæдæг куыд æрбада хæрыныл! Фæлæ ма йын зæгъгæ дæр куыд кæна! Кæм и ахæм ныхæстæ, Хохмæ чи байхъуыса! Лæууыди æмæ уыдта Гæццойы — уартæ æрбацæуы. Кауы тæккæ рæбынты. Уый та йæм æгъдау и — бæстæ рыг куы кала, уæддæр уымæй уæлдай уынджы астæуты ницæй тыххæй ацæудзæн. Хъуамæ каумæ бахæсса йæ сы- нæг, æмæ кау-кау фæцæйцæуа. Цæугæ дæр уыцы æнæ- уæлдай уынæрæй, цыма искуыдæм хъуызгæ фæцæйкæны. Йæ кæрц æрдаргъ йæ уæлæ, йæ бацæвиттæй фæдæлдæр. Ацæ йæм касти. Уый цыди. Цалдæр къахдзæфы-иу акод- та æмæ та-иу æрлæууыд æмæ кауырдæм аздæхт. Æвæццæ- гæн-иу йæ кæрц кауыл фæхæцыд — йæ акъаци цæджындз- тæ схæцыдысты Буроты кауæн æмæ сæ сындз туасæй уæлдай нæ уыд. Æмæ арæхстгай сыфтауы сындз, кæрц куыд нæ аскъуыйа, афтæ. Æмæ ницы æнтысти размæ Гæццойæн. Уæддæр æппынæрæджиау æрбахæццæ. Хохы размæ æмраст æрлæууыд, йæ къухтæ уырдыгмæ ауагъта. — Ахицæн и, мæгуыр йæ удыбон фæуа! Хох Гæццомæ скаст, уæззау сыстад, йæ къухтæ арвмæ схаста æмæ æнкъард, уæнгты чи хызт, ахæм æнкъард хъæ- лæсæй загъта: — Хуыцау, дæ рын бахæрон, æгъгъæд сын фæуæд! Цы муртæ ма сты, уыдон тæригъæдæй хызт куыд уой, уыцы ахъаз сын бакæн! Ноябръ, 1996 23 Хуыгаты Ссргсй
Утæхсæнты бон Радзырд д ухъман йæ мидвынæймæ дæр æмбæрста — йæ •’ *■ сæр йæ раны нæй: кæцæйдæр æм дзы хъуысти сæх-сæхы хуызæн цыдæр, мæнæ цыма гыццыл æхсæрдзæн уыд йæ сæры æмæ уый сæх-сæх код- та. Йæ фæсхъустæн та сæ дыз-дыз цыди, йæ дыууæ фæсхъусæн дæр. Æмæ йæм уыдон хъуыс- тысты йæ мидвынæймæ — уыцы сæх-сæх æмæ уыцы дыз-дыз. Хъал дæр уымæн раци, æвæццæ- гæн, æндæр нæма райхъал уыдаид. Нæ, раджы нал уыди, цæй раджы ма уыди, хур уалæ кæдæм схæццæ. Фæлæ сæрдыгон æхсæв цыбыр у ’мæ. Куыддæр райхъал и, афтæ бамбæрста но- джы — йæ ком ныххус, мæнæ хус рæстæг куы ахæссы, уæд дымгæфыцæны зæхх куыд ных- хус вæййы, афтæ ныххох и йæ фæсæвзаг уыцы фæуырдыггæнæн æмæ ма дзæбæх сулæфа, уый йæ бон нал уыд. Уæд рабадти, йæ дыууæ цон- джы йæ сæрыл æрбатыхта, хисæрфæн куыд æрбатухынц сæрыл, афтæ æмæ хæринаггæнæн- мæ араст — уым къофи и кæмдæр, æмæ дзы куы афыцид æмæ куы ахуыппытæ кæнид тæвд кофи. Фæлæ йæ тæккæ раз февзæрдысты уыцы дыууæ цæсты, сæ фырмæсты æмæ знæтæй ир- вæзтытæ кодтой раст. Кæсын сæм нæ бафæ- рæзта Лухъман æмæ йæхи цæстытæ æрцъынд сты. Афтæ абадти, абадти æмæ загъта йæхи- цæн, лæг искæмæн куыд фæзæгъы, афтæ: — Кæй цæстытæ уыдысты, кæ? Кæйдæр цæстытæ куы уыдысты...
Утæхссенты бон 355 Уæддæр дзы къофи нæ рох кодта: иу тæвд къофийы къус æм куы бафтид! Æмæ йæхиуыл схæцыд. Гъа, ныр акъахдзæф кæнон, куыд загъта, афтæ фæцыди йæ уадулы къæрцц, дзæбæх фæцыди, дзæбæх æмæ ма акъахдзæф кæна, уый нал бафæрæзта. Раст уыцы уысм йæ хъустæ ацахстой: «Фæлæуу, фæлæуу, нырма уал дæ Бурнацев базона!» Ныхæстæ йæм афтæ æввахсæй æрбайхъуыстысты æмæ фыццаг схъиугæ фæкодта, стæй та йæ алыварс ракæс-ба- кæсыл фæци. Иу цæстыфæныкъуылдмæ ауыдта йæхи дæр æмæ Сабинæйы дæр. Сабинæ уыди мадард бæгънæг, аф- тæмæй диваныл тымбылæй бадти æмæ куыдта. Стæй-иу йæ кæуынæй фæлæууыди, лæг йæ цæуынæй куыд фæ- лæууа, афтæ æмæ-иу загъта: «Фæлæуу, фæлæуу, нырма уал дæ Бурнацев базона!» Гъæуыцы ныхæстæ-иу загъта, æндæр æппындæр ницы æмæ та-иу фæстæмæ кæуын рай- дыдта. Йæхæдæг нырма хуысгæ кодта Лухъман. Астæуæй дæлæмæ нæ хъуыды кæны, фæлæ астæуæй уæлæмæ уый дæр уыди бæгънæг, диваныл уæлгоммæ хуыссыд Сабинæйы фæстæ æмæ-иу ын йæ уæраджы фæлмæныл — фæтасæ- нæй бирæ уæлдæр, уæраг уалæ æппæты фæлмæндæр кæм у æмæ æппæты урсдæр, уыцы тæккæ ран — йæ армы- тъæпъæн æруагьта æмæ æруагъта. Кæд-иу дзургæ дæр исты скодта армытъæпæн æруадзгæ-æруадзын, уæддæр æй нал хъуыды кæны. Æмæ фырдисæй змæлын нал сфæрæзта Лухъман — цы ми бакодта уый?! Цы йæ фыдбылызтæ йæ сардыдтой кæй- дæр чызгыл, цы , йе ’намонды бон æрцыди! Лæууыди гуыбырæй æмæ уыдта диван, сау сæракцъар диван, йæ фæстæмæ æнцайæн — бæрзонд. Фæлæ кæй уыди, кæм æвæрд уыди, кæй хæдзары — уый нæ ахста йæ хъуы- ды. Нæдæр йæхæдæг кæм бадти, уыцы уаты хуызæн уыд, нæдæр Сабинæйæн йæхи хатæны хуызæн, уым ын Хъил- бады бахизæны цы къаннæг хатæн уыд, уый хуызæн. Æмæ джихæй баззади Лухъман — кæдæм фæхаудтой, кæдæм фæкодта кæйдæр чызджы? Уæдæ Гоголаты фатеры цы дыууæ цæсты и, уыдонæй дæр никæцыйы хуызæн уыд. Даргъ уыди æмæ бæрзонд уыцы уат, йæ царыл та стыр цырагъдон ауыгъд уыд, мæнæ æрттиваг æвджы гæппæл- тæй чи вæййы, уыдонæй, гъе, уыцы цырагъдæттæй. Æмæ- иу æрбазынд уыцы цырагъдон, хæстæг-иу æм æрбацыд,
356 Хуыгаты Сергей хæрз хæстæг, стæй-иу ссыгъди, спæртт-иу кодта æмæ-иу бæстæ байдзаг и йæ рухсæй. Касти цырагъдонмæ Лухъман æмæ йæм афтæ зынын байдыдта — кæмдæр ма йæ федта, федта ма йæ кæмдæр, сыбыртт кæнын нæ хъуыд уый тых- хæй лæджы. Судзгæ дæр-иу æй скодтой. Ссыгътой-иу æй æмæ-иу дуне байдзаг и уыцы дзæбæх рухсæй. Æмæ-иу æй судзгæ дæр чидæр куы скодта, ахæм чидæр-иу куы уыди, уæд, цымæ, чи уыдаид, чи-иу æй ссыгъта, уый та?! Лæууыди гуыбырæй Лухъман, йæ цæнгтæ æнгомдæр æрбатыхта йæ сæрыл, æрбалхъывта йæ сæр æмæ ауыдта Хъилбады, сæ редактор Хъилбады! Авнæлдта, авнæлдта йæ къæлæтджын бандонæй Хъилбад, йæ къух къæлæт- джыны фæстæмæ анцайæнæй къулы ’хсæн атъыста æмæ ссыгъта цырагъ. Æмæ Хъилбады цырагъдон куы у уый! Бынтондæр Хъилбады цырагъдон! Цырагъсудзæн уырдæм бауадзын кодта,йæ къæлæтджын цы къулмæ бахаста йæ чъылдым, уырдæм, къæлæтджыны фæстæ куыд фæуа, афтæ. Æмæ йæм авналы ныр, талынг кæнын куы райдайы, уæд æмæ йæ скъæпп кæны. Цас скъæпгæнинаг вæййы! Æмæ уæд уырдæм аздæхтысты, уырдæм, редакцимæ. Уæд æй йæхæдæг акодта Сабинæ. Акодта йæ, ома, дæгъæл мæм и, æндæр мæм и, ома бакæндзыстæм дуар нæхицæн, бацæу- дзыстæм дзæбæх æмæ уыдзæн, ома. Æмæ, кæд сæн анызта, уыййеддæмæ йæ куыд хъуамæ акодтаид, хæдзарвæндаджы чызг куы у, æгъдауджын чызг. Фæлæ йын, æвæццæгæн, адардтой уыцы сырх сæнæй æмæ йæ туг базмæлыд. Уæд ын йæ тæригъæд куы бахæрид, чидæриддæр уыди! Фæлæ... фæлæ кæд сæн анызта æмæ йæ туг базмæлыд æмæ йæ кæд йæхæдæг акодта, уæд ын диванмæ цæй тыххæй хъуамæ мауал куымдтаид, уым? Хæсгæ йæ куы бакодта диванмæ æмæ йæ куы фæцæйхаста — йæ астæуыл ын æрбатыхта йæ дыууæ цонджы æмæ йæ бæрзонд систа, афтæмæй йæ хаста, уый хорз хъуыды кæны — уæд йæ гæндзæхтæ куы цагъта æмæ удисæджы лæбурд куы кодта фæйнæрдæм, ома кæд истæуыл^фæхæст уаин æмæ мæхи нæ бауадзин диван- мæ хæссын. Йæ уадул дæр ын уæд куы ныкъæрцц кодта, куы ницæуыл фæхæст æмæ йын æнæ хæсгæ нал ис, уый куыбазыдта, уæд.. Хæйрæджытæ сты ацы сылгоймæгтæ, æндæр адæмæй сты!
Утæхсæпты бон 357 Дысоны онг дæр-иу æм арæх фæзынд афтæ — йæ зæрдæ- мæ цæуы. Æмæ йæм куыд нæ зындаид афтæ дæр! Уæдæ-иу æм уыцы худгæ цæсгом фæцарæзта æмæ-иу ын уыцы урс- урсид дæндæгтæ æнахуыр разæнгардгæнæг хъыдзы скод- тæй йæ зæрдæ æмæ-иу цинæфсæст рабад-бабад фæкодта йæ къæлæтджыны бон-изæрмæ. Стæй кæс æмæ-иу ын æв- дисгæ дæр нал ракодта йæхи, йæ дуарæй-иу нæ бакасти бон-изæрмæ. Ацу æмæ уымæн исты бамбар! Æмæ-иу уый тыххæй нал бакасти йæ дуарæй, Бодзыбо- ны тыххæй. Æрхæст ыл уæд ацы Бондзыбон ныхасмæ, уыййеддæмæ фæрæтвæлдæхт фæвæййы. Сардауы йæ. Уæдæ дзы бындз йæ фат фæтъыссы! Æнæуи дæр æм хъуа- мæ йæхи баласа, гыццыл ын гæнæн фæуæд, æндæр, ба- худ-бахуд æм байдайа. Ныхас æм ныхасы фæстæ æппара, гъе. Знон дæр æй змæлын куыд нæуал суагъта! Куыддæр редакцийы дуарæй рахызтысты, афтæ йыл андæгъта йæхи. Æмæ цалынмæ, Гоголайæн фатер цы хæ- дзары радтой, уый дуармæ ныххæццæ сты, уæдмæ йæ иу къахдзæф нал ауагьта йæхицæй. Цæугæ дæр уый фыдæ- нæн æркодта, цы ’рцыди, уый. Уæдæ йыл кæдæм дæхи ныхасыс, кæдæм ирвæзыс йæ хъæлæсы! Æмæ йæ йæ маст схаста, куы анызтытæ кодта, уæд. Æмæ йæ фæдыл ацыд, йæ масты фæдыл. Нуæзтджын лæгмæ йæ масты фæдыл цæ^ынæй хуыздæр æппындæр ницы кæсы. Йæ цæнгтæй ма иу ныууагъта йæ сæрыл тыхтæй, иннæ æриста æмæ гуыбыр-гуыбыр ацыд хæринаггæнæнмæ. Ца- лынмæ къофи фыхти, уæдмæ дæр гуыбырæй фæлæууыди йæ уæлхъус, стæй дзы иу къофицымæн къус æрыдзаг код- та æмæ фæстæмæ æрбаздæхт йæ сынтæгмæ. Фыдбылызы куыд нытътъыста йæхи! Гъеныр иу дзæ- бæх дамбаца æмæ йæ дæ тæккæ ныхыл ныццæв, гъеуæд уаид, гъе! Уæдæ ма цы цæсгомæй бацæудзæн æмæ цы цæсгомæй æрлæудзæн йе ’мбæлтты ’хсæн! Æниу ма дзы кæдæм кæндзæн цæугæ дæр? Куыннæ йæ дардзысты ахæм куысты! Уый хъуамæ йæхæдæг амонид йæ фыстыты фæ- сивæдæн цæрын, хъуамæ сæ йæхæдæг ахуыр кæнид хæр- зæгъдауыл. Уый бамидæг и ’мæ... Афонмæ бахæццæ и хъуыддаг Хъилбадмæ. Бацыди йæм йæхæдæг, куыддæр
358 Хуыгагпы Сергей схæццæ куыстмæ, афтæ æмæ йын æй йæ хъусы бацагъта. Уæдæ ма йæ йедмæ уагъта! Ома, афтæ-афтæ мæ дысон Гоголаты куывдæй ракодта, расайдта мæ, ома, ардæм мæ æрбасайдта, мæнæ дæ кусæн уатмæ. Ам ын, ома диванмæ нæ куымдтон æмæ мын уæд, мæ астæу ацахста æмæ мæ хæрдмæ фелвæста, ома... Гъомæ йæ хæсгæ бакодта — хæсгæ та йæ куыд нæ ба- кодта! — фæлæ уырдыгæй уырдæм куыд фæцыди, кæд йæхи нæ фæндыди, уæд! Стæй дæгъæл дæр уымæ куы уыди, Сабинæмæ — уæдæ Лухъманмæ цы агуырдта редак- торы дæгъæл! Æмæ йæ кæд нæ фæндыд, уæд дзы цæмæн бакодта дуар?! Æмæ йæ уæд уыдæттæй нæ бафæрсдзæн Хъилбад? Афонмæ бадынц гъæйттæй. Се ’ппæт — нæ, сæ бæрнон- дæртæ, ома уал адон аныхас кæной, адоны фæнд уал базо- нон, стæй, ома, фæдзурдзынæн иннæтæм дæр. Кæдæм мын ирвæзынц, ома. Афтæ бакæны алыхатт дæр, искæуыл исты хъаст куы бацæуы, уæд. Фæлæ комкоммæ Хъилбадмæ куыд батардтаид йæ цæсгом, уанцон нæу! Уæдæ ’мæ уал æй гьæуым йе ’мбалæн загътаид фыццаг. Гъæуым фыстæджыты ха- йадмæ кæй райстой а уалдзæджы, уымæн. Уайтагъд фем- бæлттæ сты. Чызджытæ сты ’мæ. Тыргъты дæр алæууынц иумæ, мидæгæй дæр абадынц, Сабинæйы хатæны. Æмæ йæ фыццаг уымæн ма загътаид, уый гæнæн нæй. Йæ ном цыдæр куы хуыйны уыцы чызгæн, цыдæр дугъон ном... Иуырдæм азылди нæмттыл, иннæрдæм сыл æрбазылди æмæ йыл бамбæлд. Эстафетæ! Гъо-гъо — Эстафетæ. Æмæ йæ уымæн схъæр кодтаид фыццаг, ома, мыл ахæм хабар сæм- бæлд æмæ, ома, ды ме ’мбал дæ æмæ йæ дæуæй цы ’мбæх- сон?! Æмæ йæ зон, ома, фæлæ йæ зæгъгæ макæмæн кæн. Уым йæ цæстытæ æрхæцыдысты йæ сахатыл — дæлæ тилифон-æвæрæныл тъæпæнæй лæууы тилифоны фарсмæ. Йæ бæттæнтæ фæйнæрдæм айтынг сты йæ цæнгтау. Алчи бады афонмæ йæ бынаты. Кусы алчи афонмæ. Цæуылнæ кусой! Уæдæ исчи йæхи сæфта уыйау! Гъомæ æнæуи афтæ ныфсхаст куы нæ вæййы. уæд ыл дысон цы йæ фыдбы- лызтæ бафтыдысты! Кæдæм ын фæхæцыд йæ астæуыл æмæ йæ ^æдæм скъæфта уыцы сыгъдоны диванмæ! Чысыл абадти æмæ ныр та тилифоныл æрхæцæдысты йæ цæстытæ. Тилифон æдзæмæй лæууыд, уæле йыл хæ-
Утсехсæнты бон 359 тæл фæндыры хæрæгау ныкъкъæдз, ныггуыбыр ыл, цыма дзæгьаел змæлд куы скæна, уымæй йын тарсти. Æмæ йæм касти Лухъман. Стæй йæм сындæг-сындæг иу хъуыды æр- цыд: ныр цымæ... цымæ ныр бадзур Эстафетæмæ, уæд куыд уаид? Афтæ йæм бадзур, цыма йæм æнæуи дзурыс, æндæр цыма тыхст дæр ницæуыл дæ æмæ æндæр дæр. Цыма мæт дæр ницæуыл кæныс, цыма дысон Гоголатæй дæр никуыдæм- уал ацыдтæ, цыма Сабинæйы дæр никуыуал федтай. Йæ сæрæй йæ къух æриста, схæцыд хæтæлыл æмæ уыцы къу- хæй райдыдта номыртæ зилын дæр — йе ’ннæ къухы къо- фийы къус уыд. Æмæ та-иу фæбырыд йæ лæгъз æвæрæныл тилифон æмæ-иу фæиртæсти æнгуылдз номыры цæстæй æмæ- иу хæтæлы бипп-бипп ссыд. Æмæ та-иу сæрæй райдыдта номыртыл зилын къух. Хæтæлы кæрæттæ дзы фæйнæрдæм азылдысты æмæ йæ дзæбæх æвналын нæ уагътой. Уæддæр ын бантыст — æрзылдта номыртæ кæрæдзийы фæдыл, фæцыди цалдæр уасты æмæ систæуыд хæтæл. — Са-лам! — хъæлдзæг саст фæкодта ныхас йæ тæккæ астæуыл Лухъман. — Лухъман дæ? — афарста йæ чызг. — Уыдтæн, — хъазын æм цæуы, афтæ куы фæкæсид Эстафетæмæ. Фæлæ уый цыма уыдæтты мæт нæй. Уыцы æнæ къæрццæй йæм бадзырдта: — Хъилбад дæ агуырдта. Лухъманы уæнгтæ æрызгъæлдысты, цæмæй тарст, уый йæ баййæфта. Сыстад, фæстæмæ æрбадт, ногæй та сцæйстад, æххæст нал сыстад, гуыбырæй баззад. — Агуырдта, нæ? — тыххæйты ма сфæрæзта дзурын. — Гъо, агуырдта. — Æмæ мæ... Фæлæуу-ма, куыд мæ агуырдта? — Куыд фæагурынц. — Йæхæдæг мæ агуырдта? — Уæдæ æххуырсгæ бакодта агурджытæ! Æмæ бæстæ ныггуыр-гуыр кодта уыцы агурыны гуыр- гуырæй, æмæ дзы Лухъманы хъустæ айдзаг сты, æрх сæ- лæф миты зæйæ куыд айдзаг уа, афтæ. Акъуырма сты хъус- тæ æмæ фæтарст. Эстафетæ ма йæм истытæ куы дзура æмæ дзы куы ницуал фехъуса æмæ йæм йæхæдæг бадзырдта — бахъæр æм кодта, доныбылæй доны сæрты куыд бахъæр кæнай, афтæ:
360 Хуыгаты Сергей — Стæй цы фæци Хъилбад? Хорз уыд, æмæ уыцы хъæрæй фæлæууыд хъусты гуыр- гуыр, æмæ йæм æрбайхъуыст Эстафетæйы ныхас: — Уæртæ æмбырды бады. Бæгуыдæр бады æмбырды! Бамбырд кодта хайæдты хицæутты, парторджы, профцæдисы сæрдартæ-йедты æмæ бадынц. Уынаффæ кæнынц — цы ми йын бакæной. Уыцы уысм фæкомкоммæ къофийы къусмæ. Иу ахъаззаджы хуыпп скодта къофийæ, къофи уыд уазал æмæ æнад, аныхъуыра йæ, уый йæм нæ цыд, уæдæ йæ калгæ дæр куыд ракодтаид æмæ уал æй афтæ ныууагъта. Бадынц афонмæ, тæрхæттæ кæнынц. Сæ иутæ бандæт- тыл бадынц, се ’ннæтæ — диваныл, уыцы бæрзонданцай- æнджын сæракцъар диваныл. Лухъман ыл хуысгæ кодта. Хуыссыд ыл уæлгоммæ æмæ Сабинæйы уæраджы тæккæ фæлмæныл йæ армытъæпæн æрхæсс-æрхæсс кодта. Æмæ йæм афтæ уæлгоммæ хъусгæйæ хъуысти Сабинæйы кæуын, стæй-иу фенцади йæ кæуын, æмæ-иу æм уæд та йæ ныхас æрбайхъуысти: «Фæлæуу, фæлæуу, нырма уал дæ Бурна- цев базона!» Æмæ та-иу нæуæгæй райдыдта кæуын. Иуафон ферхæцыди Лухъман æмæ йæ базыдта — уый къофийы хуыпп йæхæдæг фæуырдыг кодта хъæлæсы ныу- уайæны æмæ улæфæнтыл бамбæлди. Схъуыфыди, фæлæ йын æхсызгон уыд — æгайтма фервæзти, йæ дзыхы цы къофийы хуыпп дардта, уымæй. Æмæ та раздæхти Хъилбады кусæн уатмæ, уыдта, чи дзы бадти, уыдоны, уыдта, чи сæ кæм бадти, уый дæр. Фæлæ сæ диваныл бадгæ никæй ахста йæ цæст — цыдæ- риддæр уыдысты, иууылдæр бадтысты бандæттыл. Æмæ йын цыма уыцы ран исчи йæ хъусы ныхъхъæр кодта, уый хауд фæкодта хæрдмæ — цæй диван и Хъилбады кусæн уаты! Нæй дзы диван, никуы дзы уыди диван! Æмæ сагъдау баззади Лухъман — уæдæ кæм уыдысты, кæдæм сæ фæхастой сæ хæйрæджытæ?! Хъуыды кæнын хъуыди, фæлæ Лухъманы бон хъуыды кæнын нæ уыд, уæддæр йæ мидзæрды рабар-бабар кодта, кæм уыдаид уæдæ уыцы диван, кæдæм æм фæцыдаиккой, дæлæ Гоголаты фынг куы райхæлди. уый фæстæ? Æмæ бынтон ныггуы- быр и, афтæмæй бадти йæ сынтæджы тигъыл. Иу рæстæ- джы йæ сæры цы гыццыл æхсæрдзæны уынæр цыд, уый
Утæхсæнты бои 361 азвиппайды нысæх-сæх кодта, афтæ ныссæх-сæх кодта æмæ йæ сæрмæ фæлæбурдта йæ дыууæ къухæй дæр Лухъман: уым и диван! Уыттырманы кусæн уаты далæ, химзаводы далæ! Уыцы бæрзонданцайæндджын, уыцы сæракцъар ди- ван! Уымæ та афтæ зынд, цыма Хъилбады кусæн уаты уыди. Æмæ кæцæй æрцыд диван Хъилбады кусæн уатмæ, йæ цæргæ-цæрæнбонты дæр дзы куы никуы уыди диван! Æртæ боны дæргъы фæбадти уыцы диваныл. Очерк фыста Уыттырманыл, химзаводы директорыл æмæ йын цæмæй йæ куыстыгъæд хуыздæр бамбæрстаид, йæ раза- мынды хиæдтæ йын сбæлвырд кодтаид, уый тыххæй афтæ баныхас кодта йемæ, Уыттырманимæ: ам баддзæни дива- ныл, фæлæ йæ уый хъуыды дæр ма кæнæд, Уыттырман, цыма дзы æппындæр ничи бады, афтæ йæм зынæд æмæ йæ куысты кой кæнæд, Æмæ бадти уыцы диваныл, йæ бæр- зонд фæстæмæ айцайæны уæллаг кæронмæ æввахс цы дæр- гъæццон кæсæн и, уым дæр-иу акаст йæхимæ, райсом^иу куы ныццыди, уæд. Æмæ радта дæгъæл Уыттырман. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыди очерк. Фыццаг сæм тилифоны сдзырдта, фæарфæтæ сын кодта, стæй сæм йæ майрæмбо- ны хуын схаста. Йæ шофыр сæ^фæразгæ дæр нæ кодта, уыйбæрц цыдæртæ дзы уыди. Йæхæдæг дæр семæ фæ- бадт. Хъилбад ын дунейы куывдтытæ фæкодта. Æмæ рад- та дæгъæл. Йæхæдæг дæр зæрдиаг чи у сылыстæгыл, ахæм у, æмæ йæ цæмæн хъæуы дæгъæл, уый куы базыдта, уæд ын æй радта. Уым дæр-иу æм цы сылгоймæгтæ æрбауад,- заводы, уыдонæй-иу искæуыл, кæд, лæг йæ цæст цæуыл æрæвæра,ахæмæй исты уыд, уæд-иу æм цы кæстытæ сис- та! Лухъман уым бады, уый-иу дзы æцæг байрох и. Æмæ уый уыд, уыцы диван уыд, Уыттырманы диван. Æндæр Хъилбады уаты цæй диван и! Гъомæ, Гогола фатер кæм райста, уырдыгæй химзавод- мæ дæр гыццыл бауайын нæ хъæуы æмæ, кæд йæхи нæ фæндыд, уæд æй йе ’ккой фæхастаид уырдыгæй уырдæм! Æмæ йæ куыд фæхастаид, афтæ æнцон хæссæн у уый хуы- зæн чындздзон чызг! Намæ йæ иу уынæг нæ фæуыдаид, кæд æнафон уыд, уæддæр æмæ йæ афтæ нæ бафарстаид: алæма, уый та цы хæссыс де ’ккой, хорз лæг? Нæ йæ бафарстаид уогъ, ныры адæмæн искæй истæмæй афæрсы- ны мондагæй сæ дæндæгты фыдтæ æрбырыдысты ’мæ!
362 Хуыгаты Сергей Иннæ ахæм кæд йæхæдæг бацыд, ома, йæхи фæвдыд æмæ, афтæмæй бацыд, уæд, цæмæ цыд, уый нæ зыдта! Æмæ ма йын уыдон цы хуызæн куыдтытæ ’мæ æртхъирæнтæ уыдыс- ты, уæд! Фæлæуу, дам, фæлæуу, кæд, дам, дæ Бурнацев базона. Чи уа уыцы Бурнацев та? Æвæццæгæн, ын исты хион у, исты хæстæг, æндæра дзы афтæ не ’ртхъирæнтæ кодтаид. Фæлæ йын уæд йæ мыггагæй цæмæн кодта йæ кой, уымæй дæр уырыссагау? Йæ ном ын цæуылнæ дзырдта? Кæд исты фыдгæнæг у æмæ йæ фæсномыг у «Бурнацев?» Афтæ кæнынц иууылдæр æвзæргæнджытæ — фæсно- мыгæй дзурынц кæрæдзимæ æмæ сæ алчи дæр фæсномыг дары, сæхи нæмттæ та æмбæхст сты. Æмæ уæд Бырнац- тæй дæр нæу, чи зоны. Чи зоны, æндæр кæмæйдæр у уæд. Чи зоны, ирон дæр нæу. Æмæ йæ уæд цæмæй зоны, цымæ? Уыцы хъуыдытæй уайтагъд бафæллад æмæ сæ уым ныууагъта. дæ хæссинаг æнæраны-ран куыд ныууадзай, афтæ, æмæ йæ цæстытæ, йæ сынтæджы дæлфæдтæм цы бандон уыд, уымæ аздæхта. Бандонæн йæ фæстæмæ ан- цайæныл уыцы дзæбæх æвæрдæй лæууыдысты йæ хæлаф æмæ йæ цыбырдыс хæдон æмæ бадис кодта — нуæзтджын уа æмæ йæ дарæс афтæ дзæбæх сæвæра! Сыстади, бацыди сæм, йæ хæлафы дзыппыты арацагур-бацагур кодта — нæй, дзыппыты Уыттырманы дæгъæлæн йæ кой дæр нæ уыд. Æмæ бандоны уæлхъус, йæ хæлаф йæ къухты, афтæмæй ныссагъæс кодта: цы фæуыдаид кæйдæр дæгъæл? Фæстæ- мæ исты бахастаид? Æвæццæгæн, æй бахаста. Уырдыгæй куы рацыдысты, уæд æй ницæмæнуал хъуыд æмæ йын æй бахаста. Бахаста йын æй, уæдæ йæ хæргæ акодта? Гуыбыр-гуыбыр баздæхт æмæ æрбадт йæ бынаты, йæ цæсгом йæ дыууæ армытъæпæны ’хсæн æртъыста æмæ ныссабыр. Афтæ уыди, афтæ — бахаста йын æй. Дуар дзы бакодта æмæ бацыдысты, стæй куы рацыдысты, уæд дзы дуар фæстæмæ сæхгæдта æмæ йын æй бахаста. Фыц- цаг Сабинæйы ахизын кодта, æвæццæгæн, стæй уырдыгæй куы раздæхт, уæд ын æй бахаста. Æниу, чи зоны, уый дæр йемæ ацыд, Сабинæ дæр. Ома ма мын ныр уæддæр цы уæлдай у æмæ ацыди йемæ. Уæд акуыдтытæ кодта — уым диваныл, уымæ кæсын нæ хъæуы — сылгоймагæн йæ ху- дын æмæ йæ кæуын æддæг-мидæг æвæрд сты. Æмæ уæд- мæ æрсабыр уыдаид де ’дде æмæ ацыдаид, ома, дæгъæл
Утсехсæнты бон 363 хæссæм æмæ. Æмæ йæ ахастой. Йæ дуар ын бахостой æмæ куы ракасти, уæд æм æй балæвæрдтой, дæгъæл уыд, йед куы нæ уыди! Балæвæрдтой йæм æй, æмæ йæ айста Уыт- тырман, æндæр дзы ницы и. Куыстæй ацыдысты уырдæм, Гоголатæм. Гоголайæн фатер радтой, редакцийы къæбицы хицауæн, æмæ, дам, бакувæм. Иу дуарæй æнæ бакæсгæ нал фæци Гогола йæ- хæдæг, рамбырд сæ кодта цъиуæй-бæдулæй æмæ адаргъ сты кæрæдзийы фæдыл. Разæй — Хъилбад йæхæдæг, ре- дактор, йæ цыбырдыс хæдон æмæ йæ даргъ галстуччы, йæ иу къух фæстæмæ айста йæ синтæм æмæ йæ уым сæвæрд- та, иннæ дардыл тылдта æмæ æнæвдæлон лæгæрст кодта размæ. Фынгтæ æвæрдæй ныййæфтой — фынгтæ дæр фынгты хуызæн! Куыддæр сæ ауыдта Лухъман, афтæ дис кæнынмæ фæци — кæд сын фесты фынгтæм хаст уый æппæт тæринæгтæ ’мæ нуазинæгтæ? Æнæуи мæсты уыди, афтæмæй æрбадти фынгыл. Уæдæ ацы Бодзыбон! Хъуамæ йæ быны бабыра Сабинæйæн! Æмæ смæсты вæййы, тынг смæсты вæййы Лухъаман. Ноджы цыдæр æнахуыр маст у ацы маст — нæ йын раргомгæнæн и, нæ йын бауромæн и, æмæ дзы лæджы бон нал вæййы. Уайтагъд дзы фæд-фæдыл анызтытæ кодта йæ мæстыйæ. Бадтæн йе ’мбисмæ дæр нæма бахæццæ сты, афтæ куыд- дæртæ кæнын байдыдта — куы-иу, сидт цæй фæдыл уыд, уый нал рахатыдта æмæ-иу æй æнæдзургæйæ анызта, куы- иу дзæгъæл аци йæ ныхас, мæнæ лæгæн йе ’ххормаг стур кæугæрæтты куыд адзæгъæл уа. афтæ. Æмæ стур цы! Стур æнцон раздахæн у, схъæр ыл кæн, æмæ раздæха, фæлæ-иу Лухъманы ныхас йæ къæхтæ афтæ ныццавта, æмæ-иу ыл цалынмæ æнæхъæн фынджы дзаг лæгтæ ранцадысты, уæдмæ- иу фæсыдз кæнын нал зыдта. Æмæ та иухатт дзæбæх куы адзæгъæл и фынгæй Лухъманы ныхас, æмæ та йæм лæгтæ се ’ууилгæ æфсæртæ куы ’рбазылдтой фæйнæрдыгæй,уæд фемдзаст и Сабинæимæ, гъе. Касти йæм Сабинæ чысыл къулбæрзæйæ, æмæ нæ бамбæрста Лухъман, мæсты йæм кæны чызг, æви йын æхсызгон у, йæ агуывзæ бæрзонд кæй дары æмæ хъæрæй кæй дзуры, уый: чызгæн йæ цæс- тытæ уыдысты æрдæгцъынд, йæ былтæ атынг сты æмæ афтæмæй аззадысты, йæ раззаг дæндæгтæ зындысты, йæ Урс-урсид дæндæгтæ, разæнгардгæнæг хъыдзы-иу ын чи
364 Хуыгаты Сергей бафтыдта йæ зæрдæйыл,^уыцы дæндæгтæ — уый хорз ба- хъуыды кодта Лухъман. Йæ сыкъа куыд анызта, куыд сбадт æмæ ма уæддæр йæ цæстытæ куыд базылдта Сабинæмæ, уый дæр бахъуыды кодта. Уæдмæ Сабинæ уымæ нал кас- ти, Лухъманмæ. Йæ цæстытæ æрдæгцъындæй баззадысты, афтæмæй сæ фынджы астæу, чъерамитæ цы дæлæбыл- уæлæбыл тæбæгъы уыдысты, уымæ сарæзта. Æмæ уæд æрцыди уыцы хъуыды Лухъманмæ: куыддæр сыстой фынгæй, афтæ йæм йæхи байса, йæхи фæиу кæна йемæ æмæ йемæ ацæуа. Ахæццæ йæ кæна сæхимæ, сæ тæк- кæ къæсæрмæ. Стæу-иу гæпп кæнæд Бодзыбон! Йæ хъуыдытæ схæццæ сты, уымæн æмæ, хабæрттæ нал хъуыды кодта: чи куывта, цы куывта, йæхæдæг ма сыста- ди, нал сыстади — æппындæр ницуал лæууыд йæ зæрдыл уыдæттæй. Æмæ бадти гуыбырæй. Иу афон ауыдта: кафы- дысты. Иу-цалдæрæй, кафыдысты Гоголаты къаддæр уаты. Магнитофон хъæрæй бæргæ цагъта, фæлæ дыууæ сынтæ- джы æмæ иу скъапп цы къаннæг уаты уа, уым ма цас ази- лæнтæ уыдаид!Æмæ кæрæдзийыл кафджыты хæст кодтой дыгæйттæй, афтæмæй сæ иутæ æнæбары змæлдысты, се ’ннæтæ æппындæр не змæлдысты, лæууыдысты, кæрæ- дзийыл хæцыдысты æмæ, магнитофоны цагъд куыд амыд- та, афтæ ратас-батас кодтой сæ астæутæ. Уыдон дæр кафыдысты. Лухъман æмæ Сабинæ. Уыдон дæр кæрæдзи- йыл хæцыдысты æмæ ратас-батас кодтой сæ астæутæ æмæ-иу афтæмæй дæр иуæй-иу хатт фæцудыдта Лухъман æмæ иу куы фæцудыдта, уæд-иу, фæсте, йæ дыууæ уæны астæу цы къух дардта Сабинæйæн, уый-иу размæ фенцад чызгыл æмæ-иу лæппуйы риуыл æрбахауди чызг. Сæ кафт дæр-иу фехæлд, æниу кафтæй дæр цас кафт уыди, фæлæ. Æмæ та-иу ногæй агурын райдыдтой сæ къæхтæ магнитофоны цагъды фенцайæнтæ. Иунæг кафт акодтой æдæппæтæй, кæд ма исты зоны Лухъман, уæд, стæй йын нал ракуымдта, æвæццæгæн, ома, нуæзтджын дæ, ома, мын дæ къух мæ дыууæ уæны астæумæ фæбыцæу кæныс, æмæ дæ риуыл бахауын, ома, æмæ... Фæлæ йын кæд кафынмæ нал ракуымдта, уæд ын уыр- дæм куыд акуымдта, заводмæ? Æмæ ныссагъæс кодта Лухъ- ман — цы ’гъдауæй ацыдаид уæд заводмæ йемæ?! Йæ къух- тæ йæ сæрмæ систа, йæ армытъæпæнтæ къæмисæнтыл сæ-
Утсехсæиты бон 365 вæрдта — къæмисæнтæ куыд дзæхст-дзæхст кодтой, уый дзæбæх æмбæрстой армытъæпæнтæ — æмæ уæд цыдæрхуы- зы фæхæст и иу хъуыдыйыл: фæлæуу æмæ куынæ, кæм цæры Уыттырман, уый куы зоны, куы нæ йæм йæ фатеры тилифон ис, уæд дзы куыд хъуамæ райстаид дæгъæл? Кæм æй хъуамæ райстаид? Куыд æй хъуамæ райстаид, цы хуы- зы йæ хъуамæ райстаид?! Уыцы фарстытæ кæрæдзийы фæдыл комкоммæ ацыдысты зæрдæмæ, æмæ бауазал и зæрдæ: уæдæ кæй цырагъдон уыди, уый, кæй стыр цы- рагъдон уыд?! Йæ къофийы къус райста æмæ хæринæггæнæнмæ араст — бахъарм кæна йæ къофи, ахуыппытæ дзы кæна æмæ кæд, кæйдæр чызджы кæдæм фæкодта, куыд æй фæкодта, уыдæттæй исты æрлæууыд йæ зæрдыл. Куыддæр дуарыл бахæцыд, хæринаггæнæны дуарыл, афтæ йæм цыма уыр- дыгæй рауад, уыйау йæ размæ фæци иу хъуыды æмæ лæу- гæйæ баззад дуаргæрон Лухъман: йæхæдæг æй макуыдæм бакæна Сабинæ! Сæ хæстæджытæй йæ макæй хæдзармæ бакæна! Уæдæ уыдон иу редакцимæ дæр нал аздæхдзысты. Иу химзаводы дæр нæ уыдысты. Цæй химзаводы уыдысты æмæ сæ уадзгæ та чи кодта уыцы афон химзаводмæ?! Акæс-ма, куыд нæ сын байтыгътой заводы дуæрттæ уыцы гæрзифтонг дуаргæстæ! Кæмæндæр йæ фатер афтид у сæ хæстæджытæй, сæхæдæг, æвæццæгæн, кусынмæ ацыдысты искуыдæм, æмæ, æвæццæгæн, дæгъæл уымæ ныууагътой, сæ хæстæг у ’мæ! Æмæ уырдыгæй куы рацыдысты, Гоголатæй, уæд фæфæнд кодта æмæ йæ бакодта. Цас фæфæндкæнинаг уыди! Ноджы кæд уыцы сырх сæнæй анызта, уæд фæхъæлдзæг, фæкъæйных уыдаид æмæ йæ бакодтаид. Стæй йæ кæд Бодзыбоны фыдæнæн бакодта, уæд та? Ома, уадз æмæ мæсты кæна. Мæстæй мæла, ома. Чи бамбардзæн ацы чызджыты! Лæууыди дуарбахизæны, йæ къухы йæ къофицымæн къус, æмæ- уыдта Сабинæйы — ныр кæд_нæ уыди чызгыл æндæр дарæс. Редакцийæ куы рацыдысты, уæд ыл цы да- рæс уыд, уыдонæн сæ кой дæр нал фæзынд. Уæд ыл урс тæнæг кофтæ уыд æмæ сау дæллаггуыр. Уый хорз бахъуы- ды кодта Лухъман. Куыд нæ йæ бахъуыды кодта! Ца- лынмæ Гоголатæм хæццæ кодтой, уæдмæ сусæгæй-æрго- мæй йæ каст уымæ нæ уыди, Сабинæмæ! Суанг ма йын йæ
366 Хуыгаты Сергей тæнæг кофтæйы мидæг, йæ дыууæ уæны астæу цы дыууæ урс-урсид æгънæджы уыд фæрсæй-фæрстæм, уыдон дæр куы ауыдта æмæ-иу сæм кæсгæйæ куы аззади. Уым та йыл æндæр дарæс уыди, йæ хæстæджыты фатеры, цыдæр æна- хуыр дарæс — кæм ыл уæгъдæй бадтысты, кæм та йыл æххæсгæ дæр нæ кодтой æмæ сæ къуыппытæ дардта. Ди- ванмæ дæр æй уыцы дарæсы бахаста, æвæццæгæн, уæдæ ма кæд раивтаид йæ дарæс! Уым скодтаид уыцы дарæс, йæ хæстæджытæ уыдысты æмæ сæ кæйдæр дарæс акодта, куы бацыдысты, уæд. Сылгоймагæн йæ уд-йæ дзæцц искæй дарæс акæнын. Уыцы хъуыдытæй йæ уæнгтæ чысыл фæхæцæдысты кæрæдзийыл, æмæ бахызт хæринаггæнæнмæ, фæлæ куыд- дæр бахызт, афтæ фæцыди тилифоны зыланг æмæ, йæ къофийы къус йæ къухы, афтæмæй раздæхт фæстæмæ Лухъман. — Цы бадæ? — салам дæр ын нæ радта Бодзыбон. Йæ хъæлæс æнахуыр бæзджын æмæ дæрзæг, йæ хыр-хыр цæуы. Æвæццæгæн та, дысон-бонмæ йæ дымынæй нал бан- цад. Ахæм æгъдау æм и — анызта, бафсис ын нал вæййы тамакойæ. — Цы хъуамæ бауыдаин! — фæрсы йæ Лухъман дæр. — Куыд цы хъуамæ бауыдаис! Куыд дзырд уыдыстæм?! Цымæ куыд дзырд уыдысты? Æмæ куыд дзырд хъуамæ уыдаиккой! Æмæ дзы цæмæн хъуыди истæуыл дзурын! Мæнæ бæстæ куыд фесæфти, мæнæ! Уæддæр исты зæгъын хъуыди æмæ æнæбары багуым-гуым кодта: — Гъомæ ныр дзырд уыдыстæм, уый тыххæй... — Æнæуи цы фестут, цы, кæдæм дæ акодта?! — Йæ хæстæджытæм. — Кæд æнæ фæрсгæ нал лæууы, уæд ын уый та — дзуапп! — Дард цæрынц йæ хæстæджытæ? — Афтæ дард нæ цæрынц, фæлæ... — Исты бафтыд дæ къуыхы? — æвæццæгæн йæ маст йæ хуылфы нал цæуы, æндæр ын уыдон цы хуызæн фæр- стытæ сты! Науæд æй цы хъуыддаг и — бафтыди йæ къу- хы исты, æви нæ бафтыди! Æмæ фæмæсты Лухъман: — Цæуылнæ! — Уæдæ хорз! — цыма йын æхсызгон уыд, цыма тынг цин кæны, йæхи афтæ æвдисы Бодзыбон. Гъеныр уый
Упгсехсæнты бон 367 фæлдурæджджын нæу?! — Æмæ куыд кодта, куы?! Æр- хæцдзынæ йыл, уый æнхъæл нæ уыди, æвæццæгæн. Хæр- заг йæхи дыууæрдæм радав-бадав кодта^ — Гъеныр мæ цæмæйты фæрсыс?! — Йæ маст срæмыгъ- та Лухъманæн. Уæдæ йын цы хуызæн фæрстытæ сты, уыдон?! Ныр смæсты и Сабинæмæ уый тыххæй... — Ей, цæмæйты дæ фæрсын, уый дæ хъуыддаг нæу. Æмæ фæстæмæ къæпп-къæпп ма кæн! Бамбæрстай?! — йæ хъæлæс цæхгæр фендæргъуызон и — фæфидардæр æмæ фæтызмæгдæр. Бодзыбоны хъæлæсы хуызæн ын нал уыди. Тынг æм смæсты, цыдæриддæр у, уæддæр. Æвæццæгæн, афтæ фæнд кодта, ома, та фæстæмæ дæр иумæ рацæудзы- стæм Гоголатæй, ома йæ сæхимæ бахæццæ кæндзынæн, ома, йын истытæ дзурдзынæн цæугæ-цæуын, худын æй кæн- дзынæн истæуылты, ома. — Де ’взаг аныхъуырдтай?! — спихылæйттæ калдта уæдмæ фале Бодзыбон. — Ницы аныхъуырдтон ме ’взаг, цæмæн æй аныхъуырд- тон... — Уæдæ цы ныхъхъус дæ, сыстджын хуыйы хъус цы ныддæ уым?! Йæ фæсхъустæ ахъаззаджы дыз-дыз ныккодтой Лухъ- манæн. Уæдæ, дам, сыстджын хуыйы хъус! Гъеныр дæ сæр ма риссæд æмæ йын йæ мард-йæ дзуар йæ сæрыл фæхой! Иумæ кæй кусынц, уымæ дæр ын мауал фæкæс. Уæдæ йæ дзых цы суагъта! — Уæдæ ма дзы цы райстай, уыдон тæккæ изæры Егар- мæ ма уаиккой, иу капеччы онг, кæддæра дын цы митæ бакæнин! Лухъманæн йæ сæрыхъуын куыд базмæлыд, арц куыд сцæйбадт, уый дзæбæх рахатыдта — цытæ дзуры, цы дзы хъуамæ райстаид! Цæй иу капеччы онг?! — Цытæ дзурыс, цы?! Цы дзы хъуамæ ракодтаин исгæ та?! — Ей, Хъан нæ дæ?! — Кæй хъан? — фæрсгæ дæр ма йæ йæ тæвдæй акодта, уыййеддæмæ йын цы уæлдай уыд. Кæй фæнды Хъан уыдаид! — Гъеныр дæуæн дæ цуры фест æмæ дын дæ донгæмт- тæ афад! Уæдæ афтæ зæгъ, ды кæмæ дзурыс, уый нæ дæн. Ай йæ дзых ныббæлæгъ кодта. — Гъомæ дæ Бодзыбон фенхъæлдтон æмæ...
368 Хуыгаты Сергей — Бодзыбон дарæг мауал баззайæд дæ хæдзарæй! Хæтæлы сонт къæрцц куы фæцыд, уæддæр ма иу-дзæв- гар фæлæууыд уыцы гуыбырæй Лухъман, стæй загъта искæмæн дзурæгау: — Йæ хъæлæс Бодзыбоны хъæлæсы хуызæн уыди ’мæ! Чысыл ын бæзджындæр цы уыд Бодзыбоны хъæлæсæй, æндæр дзы зæхмæ мур не ’руагъта. — Афтæ загъта, стæй къофийы къусмæ ныккаст æмæ араст фæстæмæ хæринаг- гæнæнмæ. Дуармæ куы бахæццæ, уæд фæлæууыд æмæ та хъæрæй загъта: — Æвæццæгæн, йæ абырæг æмбалы агуырдта æмæ йæ йæ хæйрæджытæ мæныл ацардыдтой. Куыдз! Фæстæмæ къофи хуыппытæгæнгæ æрбаздæхт, æрлæу- уыд йæ сынтæджы раз. Фæлæ кæд уый хæстæджытæй ис- кæмæ уыдысты. Сабинæйы хæстæджытæй, уæд ма йыл кæцырдæм хъаст кодтаид?! Гæр, афтæ бафæрсынæй дæр нæ тарсти: æмæ кæдæм кодтай нуæзтджын лæппуйы, кæд дæхи нæ фæндыд, уæд! Уæд та бадзурид искæмæ? Йедмæ бадзурæд, йедмæ, Бугъимæ, сæхи хайады хицаумæ. Афтæ йæм сгарæн дзырд бакæнæд. Мæнæ мæ сæр рысти æмæ куыстмæ нæ ацыдтæн ын зæгъид, стæй йæхи бар ауадз Бугъийы. Хъазæн ныхæстæ дæр та кæндзæни, æлхыскъ ныхæстæ. Фæлæ се ’мбырды цыдæриддæр дзырдтой — скалдзæн сæ, къæхтæ æмæ ма сыл къухтæ афтаудзæн, афтæмæй. Цалдæр хатты йæ къух баивæзта тилифонмæ — нæй, фæстæмæ-иу æрхауди уæрагыл къух, æмæ уæд йæхи фæныфсджын кодта, хæтæл систа æмæ æрзылдта Бугъи- йы номыртæ. Иу уаст дæр кæронмæ нæ бакодта тилифон — систа хæтæл Бугъи. Уый та йæм æгъдау и. Æххæст нæма суасы тилифон, афтæ йыл хъуамæ ныццæва йæхи. Æмæ фæтыхсти Лухъман. Хуыфын æм нæ цыд, цæй хуыфын æм цыд, уæддæр бахуыфæгау кодта. — Лухъман дæн. — Хур дыл ракæсæд, — хъазы Бугъи. Цæуылнæ хъаза Бугъи та! — Нæ ацыдтæн куыстмæ æмæ, зæгъын... — Лухъман æрлæууыд, дарддæр йæхæдæг дзурдзæн ныр Бугъи. Дзур- дзæн, ома, ма дзы цæмæ тагъд кæныс, дæхи мауал тыхсын кæн, ома. Фæлæ ницы дзырдта Бугъи æмæ йын уæд, арф миты искæй размæ куыд бафæд кæнай, афтæ бафæд кодта
Утæхсæнты бон 369 йæ размæ Лухъман: — Ахæм зæрдæ мæм и, æмæ дын æй куыд зæгъон. — Гъеныр дæр нæ райдайа дзурын! Цы дзу- рын ма йæ хъæуы ныр та! Фæлæ, мара-зæгъай, кæд йæ дзыхæй сыбыртт хауы Бугъийæн, æмæ уæд ноджы фæкарз- дæр кодта йæ ныхас Лухъман: — Ныррæхуыстай мæ — туджы æртах мæ нæ ратæдзид! — Нуæзт дын дæ туг басур кодта æмæ ма дæ цы ратæдза! — худы Бугьи, йæ хъал калы. Æмæ йæм бахæлæг кодта Лухъ- ман, тынг æм бахæлæг кодта. Æмæ йæм бадзырдта: — Тæхуды, дæ зæрдæ! Уыцы ныхас, æвæццæгæн, бахъарыд Бугъимæ. — Дæхицæн уæлдай маст куы нал кæнис. Никуы ницы ’рцыди! Никуы ничи аназы æмæ никуы ничи... — уым цæх- гæр фæлæууыд Бугъи. Афтæ цæхгæр фæлæудзæн, уый æнхъæл ын уыд Лухъман, уæддæр йе ’вварс фæци: фæлæу- уыд æмæ цы! Никуы ничи фæлæууы! Фæлæууы, стæй фæзæгъы йæ зæгъинаг. Æмæ йæ уый дæр зæгъдзæн. Бугъи дæр. Уæдæ йæ æрдæгыл уадздзæн? Æмæ йын æрдæгзагъд дæр куы нæ фæци. Æмæ хъуыста Лухъман, хъуыста, хъуы- ста, стæй, лæг йæхи искæимæ куыд фембал кæна, искæи- мæ цæуæг куыд фæкæна йæхи, уыйау бадзырдта Бугъимæ: — Нуазгæ акæны, куыннæ аназы, фæлæ... — Уæдæ тыхсгæ ма кæн, стæй æдыхст дæр ма у, — бахудти та Бугъи æмæ ма йæм худгæ-худын æрбадзырдта: — Гъа, мæн цыдæр афыссын хъæуы номырмæ. Нæй, нæ загъта йæ зæгъинаг. Ай-гъай йæ нæ загъта, фæдзæхст уыди ’мæ! Уый дæр фæдзæхст уыди, Бугъи, иннæтæ дæр фæдзæхст сты. Уæдæ йæ цъиу-цъиу ныккод- таиккой! Ныцъиу-цъиу æй кæн æмæ обкомы амидæг уа! Уæд дзы сойтæ не ’смæрздзæн Хъилбад йæхæдæг дæр. Ома, хъомыладон куыст нæй коллективы æхсæн. Ома, иу кол- лективы чи кусы, уыдон, ома, хъуамæ хотæ ’мæ ’фсымæр- ты цæстæй кæсой кæрæдзимæ. Адон та, ома... Æмæ сæ ба- фæдзæхста Хъилбад — сыбыртт дæр никæмæн! Уынгæ- джы нæ фæци йæ сæр, сау уынгæджы! Кæдæм цæугæ фæ- кæндзæн, кæм куыст ссардзæн? Æмæ ма йæ чи райсдзæн йæ куыстмæ — ома, æнæууæнк дæ, сылвазарæзт, æмæ ма- хæн дæр нæ сылыстæгæй искæй ныххудинаг кæндзынæ, ома, æмæ нæ цæмæн хъæуы. Æниу, чи цы зоны, хъуыддаг чердæм ассæнддзæн, уымæн! Кæд ахæстоны бамидæг уы- 24 Хуыгаты Ссргей
370 Хуыгаты Сергей дзæн, уæддæр бæрæг нæу. Де ’дде, кæд уый хæстæджытæм кæй бахаудтой, чызгæн йæхи хæстæджытæм, уымæ æркæсой, уыййеддæмæ йын фæивгъуыд нæй ахæстонæй. Кургæ йæ бæргæ ракæнид, фæлæ йын сразы уыдзæн?! Нæ йын сразы уыдзæн. Ома, мæ тыххæй цæмæн бахастай диванмæ, ома, мын мæ астæу цæмæн ацахстай æмæ мæ бæрзонд цæмæн фелвæстай?! Ома, ды æнæгьдау дæ, ома, фæстæзад адæй- маг дæ ды. Æмæ та арф ныуулæфы Лухъман æмæ та йæ уæззау уæлтъыфæлттæ æруадзы йæ цæстытыл, æмæ та дуне æрта- лынг вæййы. Æмæ уыцы талынджы иуырдæм ацæуы, ин- нæрдæм ацæуы — нæй, рухсы цъыртт æм никуыцæй æр- бакæсы. Æрæджиау, бынтон æрæджиау иу хъуыдыйыл фæхæст и уыцы талынджы — йæхимæ йын бадзура! Гъа, цы ’рцыди, уый æрцыди — фыд æрцæуæд знаджы къо- найыл! — фæлæ кæм уыдысты, кæдæм æй бакодта?! Стæй кæд уый дæр ахъуыды кæнид — Сабинæ, алæма мæхæдæг æй куы бакодтон, цы мыл æрцыд, уый мыл мæхи аххосæй куы ’рцыд, уæд ма мын адон цы митæ сты, цы цæсгомæй ма йыл кæнын хъаст та?! Æмæ бафтыд уыцы хъуыдыйы фæдыл æмæ йæ уæгъд нал суагъта: бадзура йæм! Бадзура йæм æмæ йæ бафæрса, æнæ уæлдай ныхасæй йæ бафæрса — кæдæм æй бакодта?! Афтæ йæ комкоммæ бафæрса — кæм уыдысты, кæдæм æй бакодта? Мæнæ афтæ, ай: Хуыцауы хатыр бакæн æмæ, кæм уыдыстæм, кæдæм мæ бакодтай, уый мын зæгъ. Зæгъ мын æй æнæ хыл, æнæ хъæлæбайæ — хылтæ ’мæ хъæлæ- батæн нырма уыдзæн рæстæджытæ. Афтæ йын зæгъдзæн. Гуымиры мийæ гуымиры ми у, уæдæ цы у! Фæлæ цы ’рцы- ди, уый йын уый нæ ракодта, кæм уыдысты, уый кæй нал зоны, уый йын цы ракодта. Стæй уый дæр афтæ ма зæгьа, ма, Сабинæ дæр, мæнæ фæлмæн къæрмæг ссардтон, æмæ мæ, цы фæнда, уый дзы кæндзынæн. Æмæ нывнæлдта хæтæлмæ, йæ къух рызти æмæ йæ рæмбынкъæдзы цыргъ йæ уæраджы хъæбæрмæ ныццарæзта, нынцади йыл. Иу уаст бакодта тилифон, йæ дыккаг уаст æрдæгыл фескъуыд. Æмæ райдыдта Лухъман: — Хуыцауы хатыр бакæн æмæ, кæм уыдыстæм, кæдæм мæ бакодтай, уый мын зæгъ. Зæгъ мын æй æнæхыл, æнæ- хъæлæбайæ. Хылтæ ’мæ...
Утæхсæиты бон 371 — Мæгуыры бонтæ! Лухъман нæ дæ? — Гъомæ цы! — Уæдæ дæ чи бакодта, кæдæм дæ бакодта?! Уый та Эстафетæ куы у! Гъомæ цы рагæпп-багæпп кæны, йæ бын иу ран цæуылнæ æрхъарм кæны, йæ быныхъæр ацæуа! Стæй та йæхимæ рамæсты, — уæдæ уал, чи у, уый базон æмæ уа! Салам уал радт. Фæлæ йæ ныхæстæ цæттæ уыдысты, уыцы зæгъынæввонг уыдысты æмæ сæм нал фæлæууыд, æмæ уыцы цæстыфæныкъуылд йæ сæры фæ- мвдæг и иу хинæйдзаг хъуыды — асайа Эстафетæйы! Цыма æндæр кæдæмдæр дзырдта æмæ уырдæм рæдыдæй баха- уд, афтæ равдиса хъуыддаг. — Эстафетæ куы дæ! Æмæ уырдæм куы нæ дзырдтон. Далæ æндæр кæдæмдæр куы дзырдтон. — Æз дæр ма дисæй амардтæн, ай, зæгъын, цытæ дзуры! — Далæ мæ зонгæмæ дзырдтон, мæ хорз зонгæмæ. Кæмдæр уыдыстæм ибонты ’мæ. Æмæ ды?.. Æмæ Сабинæ йæхæдæг?.. — фездæхт уæддæр уыцырдæм Лухъман, фæлæ йæ дыууæ фарсты дæр афтæ æрдæгыл баззадысты. Уæддæр сæм нал бавнæлдта, ныууагъта сæ. — Сабинæ кæдæмдæр ацыд. Йæхи ракуырдта æмæ ацыд. Æмæ мæн ам сбадын кодта Хъилбад Сабинæйы бæсты. О, хæдæгай, нæ бадзырдтай Хъилбадмæ? Агуырдта та дæ. . Ныббогъ кæна, уымæ ма гыццыл бахъуыд Лухъманы, хæрз гыццыл. Уæдæ фæцæуы Сабинæ, фæцæуы йæ гæх- хæттытæ аразынмæ. Æрбауади, фехъусын кодта хъуыддаг Хъилбадæн, ома афтæ-афтæ мыл ахæм хъуыддаг сæм- бæлд, уый фæстæ-иу, ома, нæ фехъуыстон ма зæгъ, йæхæ- дæг ацыд йæ гæххæттыты фæдыл. Бамбырд сæ кæна æмæ сæ баппара, кæдæм хъæуы, уырдæм. Стæй ацы Хъилбад! Сырæзти, ууыл ацы хабар кæй æрцыд Лухъманыл, уымæй! Иуырдæм æмбырд ацарæзта, иннæрдæм æй фæрсы, агуры йæ — тагъддæр æй куы ссарид, тагъддæр æм куы басидид, тагъддæр æй куы нылхъивид! Тилифоны хæтæл куыд æрæвæрдта, уый нæ бахъуыды кодта. Бадти гуыбырæй, йæ цæсгом йæ дыууæ армытъæ- пæны ’хсæн нытътъыста, цыма цурк уыди йæ цæсгом, хъæ- дын цурк æмæ йæ къуыргæ ныччындæуыди уым. Цымæ æнæуи радзырдта Хъилбадæн хъуыддаг, афтæ, дзыхæй- дзыхмæ, æви йæ фысгæ ныккодта? Фысгæ йæ ныккодта-
372 Хуыгаты Сергей ид, æвæццæгæн. Уæдæ йын йæ астæуыл куы фæхæцыд, бæрзонд æй куыд фелвæста æмæ йæ диванмæ куыд фæ- цæйхаста, стæй уый фæстæ диваныл бæгънæгæй куыд бадт æмæ куыд куыдта, уый та йæ фарсмæ куыд хуыссыд, Лухъман, æмæ йын йæ уæраджы тæккæ фæлмæныл йæ арм куыд æрхæсс-æрхæсс кодта, уыдæттæ йын дзургæ куыд хъуамæ ракодтаид?! Ныффыста сæ æмæ йын сæ фыстæй йæ разы æрæвæрдта. Йæхæдæг ацыд, цæуын æй хъуыд йæ гæххæттытæ æмбырд кæнынмæ, æмæ йæ ауагъта Хъил- бад. Куыд нæ йæ хъуамæ ауагътаид! Бадти гуыбырæй Лухъман, йæ хъуыды æнæбары змæ- лыд — куы-иу Сабинæйы фæдыл фæцæйцыд, куы — Хъил- бады фæдыл йæ хъуыды. Фæлæ, цыма адзæгъæлæй тар- сти, уыйау дард нæ цыди сæ фæдыл хъуыды — уайтагъд- иу фездæхт. Иуафоны фæцыди тилифоны зыланг æмæ фесхъиудта Лухъман — цыдæр тызмæг æм фæзынди уыцы зыланг. Йæхиуыл фæстæмæ ахæцыд, афтæмæй каст тилифонмæ, цыма, куы фехæла æмæ йын йе схъистæй йæ цæсгомыл исты куы сæмбæла, уымæй тарсти. Æмæ та уæд ногæй ныззыланг кодта тилифон — ацы хатт ноджы карздæр æмæ тыхджындæр — æмæ уæд агуыбыр размæ, цы уыд, уымæй. .Систа хæтæл æмæ дзы æддиауæй бадзурæгау кодта: — Ало! — Ало, нæ фæлæ нæминаг дæ æмæ дын хицау нæй, — кæд нæ дзырдта Хъилбад йæхæдæг! Æвæццæгæн ын, ома, йæхи афæрсон — куыд æрцыд хъуыддаг, кæм æрцыд, цы хуызы æрцыд? Фæлæ уал, ома, фыццаг хъазæн ныхæстæ акæнон йемæ, баразæнгард æй кæнон дзурынмæ, стæй мын кæдæм ирвæзы, ома, фæрсдзынæн æй æмæ йæ фæрсдзы- нæн. Уæддæр æхсызгон уыд Лухъманæн — æгайтма йæм æрдзырдта! Æмæ йæ хъæлæсыдзаг сулæфыд — ныртæккæ йæ фæрсын куы райдайа, уæд æй дзурын хъæудзæн æмæ куыд сфæраза дзурын, йæ бон куыд суа. — Кæм дæ? Ам цыбыр дзуапп дæттæн уыд, зынæй дзы ницы уыд нырма, æмæ радта дзуапп: — Мæнæ дæн. — Æмæ æхца ссардтай искуы? Хъазы уал, ома, йæ рæзтæ йын расыгъдæг кæнон. Афтæ
Утæхсæнты бон 373 хъазгæмхасæнты бавналдзæн йæ дзуринагмæ æмæ уæд рай- дайдзæн фæрсынтæ. Æмæ уый мæтæй багуым-гуым кодта Лухъман: — Ныууадз-ма мæ мæ мæгуырыл, Хъилбад Бæхтæн- джерийы фырт. Æхца æз куы нæ ссарон! — Æмæ дыл цы мæгуыры бон акодта? Риссы дæ корто? — Мæ корто хаугæ дæр куы акодтаид æмæ... — Æмæ ма уæд куыд цæрдзынæ æнæ корто? Æви афтæ зæгъынмæ хъавыс — уæдæ сымах куыд цæрут, — худы Хъилбад. Æмæ æхсызгон у Лухъманæн, Хъилбад кæй худы, уый. Зоны йæ Лухъман, хорз æй зоны, Хъилбад афтæ цæмæн рахуд-бахуд æмæ рахъаз-бахъаз кæны, уый, ома, баразæнгард æй кæнон, стæй йæ фæрсын куы райдайон, уæд дзæбæх куыд дзура. Æмæ фæфæнд кодта Лухъман — йæхæдæг уал æй афарса, цалынмæ йæ уый нæ райдыдта фæрсын, Хъилбад, уæдмæ. Кæннæуæд æй стæй фæрсын- тæ-йедтæм нал æвдæлдзæн. Æмæ, куыддæр йæ худынæй фæлæууыд Хъилбад, афтæ чъызгæ ныдздзырдта хæтæлы Лухъман: — Хицæн куыд фестæм, хицæн, кæд фæхицæн стæм, куыд фæхицæн стæм? — Хицæн? — бахудти та Хъилбад. — Гъæуым дæ тæк- кæ сынтæджы уæлхъус, æндæр кæм! — Мæ сынтæджы уæлхъус?! — йæ хъæлæсæй цыдæр æхситт фæцыди Лухъманæн, фæлæ æхситт, æвæццæгæн, нæ фехъуыст Хъилбадмæ. Æмæ та йæ уæзбын хъæлæсæй загъта Хъилбад: — Бодзыбонимæ дæ бахæццæ кодтам дыууæйæ, дæ къа- хайст мæнæ-мæнæ фидар нал уыди ’мæ. Æмæ уыцы ныхас кæйонг раххæст, уырдыгæй йыл дард- дæр йæхæдæг рахæцыд Лухъман: ардæм æй æрбакодтой, стæй уыдон куы ацыдысты, уæд та ацыди уый дæр. Ацыди æмæ кæмдæр сæмбæлди Сабинæйыл. Чи зоны, йæм искуы æнхъæлмæ дæр касти. Чи зоны, афтæ дзырд уыдысты, ома, гъæуым æмæ гъæуым фембæлдзыстæм, куывд куы райхæ- ла, уæд. Чи зоны, йын, кафгæ куы кодтой, уæд загъта Лухъман, æмæ йын уый дæр радта дзырд. Кафыдысты ’мæ! Кафгæ-кафын баныхас кæнынц ахæм хъуыддæгтыл иууыл- дæр. Кæрæдзимæ хæстæг вæййынц æмæ баныхас кæнынц. Цы баныхас кæнын сæ фæхъæуы! Æмæ баныхас кодтой
374 Хуыгаты Сергей уыдон дæр. Уæдæ арвæй не ’рхауди, диванмæ йæ куы фæцæйхаста, уæд! Æмæ ныдздзынæзта хæтæлы, кæуæг ус кæугæ-кæуын куыд ныдздзынады, афтæ: — Гъомæ ма кæдæм фæхаудтæн, куыд ма фæхаудтæн, цы ме ’намонды къæхтæ мыл базади?! — Фæлæуу-ма, æмæ ма куыд рацыдаис, кæдæм ма ра- цыдаис хъуамæ?! Дæ сæр базмæ хæццæ дæр куы нæма ныцци, афтæмæй куы атæгæр дæ. — Ницы атæгæр дæн, алæ, куыд атæгæр дæн! — Бафынæй дæ, гукк! Цалынмæ дын дæ дзаумæттæ раппæрстам, уæдмæ дæр фынæй уыдтæ! — Гъомæ ма йыл уæд кæм сæмбæлдтæн, куыд ма йыл сæмбæлдтæн?! — комкоммæ бафарста Лухъман. — Кæмæй зæгъыс, кæ, кæуыл ма сæмбæлдтæ? — цæх- гæр æй афарста Хъилбад, æмæ йын Лухъман иуæй тæрсгæ фæкодта йæ фарстæй, иннæмæй та йæм мæсты раци. Уæдæ йæ цы мæстæймары, цы йæ ракъах-бакъах кæны! Ныр æй æрæййæфта, уый тыххæй йæ хъуамæ ракъах-бакъах кæна! Æмæ йын æнæуи нæ радзурдзæн, куыд уыди ’мæ цы уыди, уый, ракъах-бакъах ма йæ цы кæны! — Цæй, гъо! Стæй дæхи ницызонæг скæн! Уæдæ абондæргъы уыцы æмбырдтæ ’мæ уыцы йедтæ!.. Афтæ æнхъæл дæ... Фæлæ йын Хъилбад йæ фæстаг ныхæстæм йæ хъус не ’рдардта. — Кæуыл ма сæмбæлдтæ, кæмæй зæгъыс? Æмæ йæ Лухъман дæр комкоммæ скъæрцц кодта: — Сабинæйыл , æндæр кæуыл! — Сабинæйыл?! — тынг бадис кодта Хъилбад. — Æмæ Сабинæ уартæ кæд æмæ кæд ацыди сæхимæ! Лухъман йæ цæстытæ цары ацавта, сæ уæлтъыфæлттæ сæ хæццæ æмдзæгъдæй нал æнцадысты. Уæддæр уыдта — Сабинæ мадард бæгънæгæй стымбыл диваныл. Уыдта йæ, лæг лæгмæ комкоммæ куыд кæса. æмæ уый куыд уына, афтæ. Æмæ, дам, Сабинæ уартæ кæд æмæ кæд ацыди. Уæд куыд ацыди?! — Куыд ацыди? — æгæр хъæрæй фарст ын фæци, æвæц- цæг&н. Хъилбадмæ хъыг фæкаст уыцы фарст. Бабустæ йыл кодта:
Утсехсæпты бон 375 — Хъæр цæуыл кæныс, æрра фæдæ? — Куыд ацыди? — кæмдæр мидæгæй цæттæйæ баззад уыцы фарст æмаз та йæ ногæй загъта Лухъман. — Сылгоймæгтæ цыдысты æмæ уый дæр ацыд. Цæма ма дзы лæууыдаид! Уый дын куыд ацыд! Сайгæ йæ кæны, къахгæ йæ кæны — ацыди, дам, ома, кæддæра куыд кæнид. Æмæ æнкъардæй загъта: — Кæм ацыди, алæ, ницы ацыди. — Æз та дын афтæ зæгъын — ацыди! — хъæрæй та загъта Хъилбад. Æмæ йæ уыцы хъæрæй ныхас æууæндын кæнын байдыдта йæхиуыл: чи зоны, ацыди ацæг? Уæддæр та загъта: — Хъилбад Бæхтынджерийы фырт, раст ма зæгъ: хорз æй хъуыды кæныс — ацыди? — Гъей, лæппу!.. — Нæннæ, уый мын зæгъ, — йæ ныхас ын йæ тæккæ райдиан фæурæдта Лухъман. — Æндæр мæ ницы хъæуы — хорз æй хъуыды кæныс? — Уый дын — хорз æй хъуыды кæныс æмæ йæ æвзæр хъуыды кæныс! — Гъомæ уæдæ, кæд Сабинæ ацыди, кæд æз бафынæй дæн, кæд мæ ардæм æрбакодтат, кæд... уæд... Раст-ма зæгъ: сайгæ нæ кæныс? — Æз нæ сайын, фæлæ мæм ды сайды хуызæн зыныс! Æнæзæгъинæгтæ ма уа дæ фатеры къуымы. Афтид вæййы бонизæрмæ ’мæ, — бахудти та Хъилбал, æмæ та æхсызгон уыд уыцы бахудт Лухъманæн. Цыма дзы йæ зæрдæ хур- варс абадти. Æмæ уыцы тæккæ уысм фæфæнд кодта: цæй æмæ сæ рахона! Хъилбады дæр рахона, Бодзыбоны дæр рахона, ноджыдæр ма сæ рахона искæйты. Уый æцæг ра- зынæд æмæ сæхимæ ацæуæд Сабинæ, сылгоймæгтæ куы цыдысты, уæд ацæуæд уый дæр, ацæуæд æмæ йыл мауал сæмбæлæд, уыййеддæмæ ницæуыл бацауæрддзæн — æх- цатæ-йедтæ та уыдзысты. Æрмæст ацæуæд Сабинæ. Цæу- гæ акæнæд æрмæст. Æмæ лæджы цъыфы сæрты гæпп кæ- ныны сæр куыд бахъæуа, фæлæ йæ ныфс куыннæ хæсса, уæддæр куыд бахъава, афтæ бахъавыд Лухъман дæр. Бахъа- выд æмæ загъта: — Ныр, цымæ ардæм куы рацæуиккат, уæд куыд уаид? Цæй æмæ рацæут.
376 Хуыгаты Сергей Хъилбад уый æнхъæл нæ уыд — цæй хуынд æмæ цæй æндæр! Лухъман уай æмæ дзæгъæлы хуындтытæ кæнай! Æмæ хъуыдытыл фæци — цы зæд ыл атахти! Æмæ фæтарсти Лухъман: нæй, цæуыны зæрдæ йæм нæй. Иугæр æм цæуыны зæрдæ нæй, уæд æй сайгæ кодта — иу цыд дæр нæ акодта Сабинæ æмæ иннæ цыд дæр. Стæй йын йæхи дæр ничи æрбакодта, чи йæ æрбакодта! Уæд фесæфти æмæ уый зæгъа! — Сыгъзæрин фестад, уыцы зонд дæм цы сахат æрцыди, уый! — худы та Хъилбад. Куыд фæхуды, афтæ худы. Ницы дæр сайынвæндæй йе йæ худты, ницы дæр къахынвæн- дæй. — Æмæ дæм исты и? Мах фæхынцынмæ дæ гæрзтæ куы рабæттай, уæд дзы истытæ хъæуы. — Дуканийы алцыдæр и. — Уæдæ лæугæ мауал кæн. Мæнæ номыр бафысдзы- нæн æмæ фæйнæрдæм араст стæм. Газет рухсмæ, мах — дæумæ, — худы та Хъилбад. Хорз лæг та куыннæ у, æвæдза, ацы Хъилбад! Хæтæл куыд æрæвæрдта, уый дæр та нæ бахъуыды кодта Лухъман, йæ хæлаф æмæ йæ цыбырдыс хæдон куыд акод- та — уый дæр. Дуарахизæны лæууыд, йæ къухы стыр дæргъытæ хызын æмæ йæ цæсты уæлтъыфæлттæ æртъæпп- æртъæпп кодта. Æнæуи дæр хæццæ фынтæ уынаг уыд нуæзтджынæй, фæлæ ахæм фыдфыны хай никуыма фæци. Январъ, 1998
Тæрхон Радзырд 1 ТЛ сахан куыройы дуар сæхгæдта æмæ сæхимæ -* *■ атагъд кодта — йæ дарæс аива æмæ уыцы бын- дзытæм ныккæса. Ныр сæм уартæ кæдæй ныр- мæ нал ныккаст! Исдуг, куыройы фыдтæ слæгъз сты, æмæ уыдон духъ кодта, стæй та куыройæн йæ донмарæнмæ зылди, æмæ адæмы ссинæгтæ сбирæ сты. Куырой раз æртымбыл вæййынц, æмæ сæ ацу уым ныууадз æд ыссинæгтæ! Куырой ничиуал дары, афтæмæй раздæр къахдзæфæн куырой уыди ацы доныл. Бына- тыл ма-иу хылтæ дæр рауади хъæубæсты — æнахуыр хылтæ. Хылтæ-иу кодтой донæн йæ фæйнæфарс цæрджытæ. Донæн-иу йæ дыууæ былыл арæгъ сты æмæ-иу сæ даргъхъæд къæ- питæ ’мæ белтæ кæрæдзимæ тылдтой доны сæрты. Цыдæр хъазты хуызæн уыдысты сæ хылтæ. Фæлæ рæстæг аивта. Адæм уыцы цæттæ урс ыссад æлхæнынмæ аздæхтысты, æмæ куырæйт- тæ иугай æрлæууыдысты сæ зилынæй. Стæй фехæлдысты. Бирæтæн сæ нырма дæр бæрæг дарынц сæ бынæттæ — сæ нукты ауырдыггæ- нæнтæ былтæй баззадысты, æмæ сæ дон æнæ- сæрфат пæх-пæх кæны, бынæй цы донбадæн дзыхъхъытæ баззад, уыдонмæ. Кæм та ма куы- ройы рахизæны тъæпæн къахихсыд къæйтæ дæр афтæ баззадысты — уыцы лæгъзæй. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта Исахан — куырой дзуарбадæнау фидыдта, рæсугъд æмæ сыгъдæг, йæ зæрдæ дзы барухс, æмæ уæд цæу-
378 Хуыгаты Сергей гæ-цæуын йæ хъуыдыйы фæзынд: кæд та дондзау чыз- джытæ дæр уым уаиккой, Суадæттыæрхы. Ныр ыл дыууæ къуырийы бæрц цæуы, уæд сæ цæхæра- доны кæрон бæлæсты бын мыдыцъæрттимæ архайдта, афтæ йыл йæ цæстытæ æрхæцыдысты, æмæ цæхæртæ акалдтой йæ цæстытæ. Чызг уыди иунæг æмæ уый хорз уыди — иунæг куы нæ уыдаид, уæд ыл йæ цæстытæ, чи зоны, афтæ не ’рхæцыдаиккой. Фæлæ уыцы иунæгæй æгас Суадæтты- æрх йæхи бакодта, афтæ дзы фидыдта, гъе! Исаханæн йæ сæрыл хызхуд уыд æмæ йæ сиса æмæ дзæбæх акæса чызг- мæ, уымæ дæр нал арæхст. Афтæ йæм касти кауы сæрты, йæ сæрыл худ, йæ къухты цыппæрдигъон фæлгæт æмæ йыл мыдыбындзытæ дыууæрдæм æнæвдæлон рауай-бауай кодтой. Чызг æй нæ уыдта — чызг цæмæй хæйрæг уыд, æмæ уартæ бæлæсты бынæй чидæр йæ хызхуды хуынчъы- тæй уымæ кæсы! Йе ’вгæнæнæй æвгæдта дон суадоны абу- зæнæй йæ бедратæм. Цыдæрхуызон тæрк æвнæлд кодта, цыма йæ исчи куы æрбаййафа, уымæй тарст, æмæ йæм Исахан кæсгæйæ баззад. Йæ бедратæ куы байдзаг сты, уæд сæ фелвæста, фæхæрд кодта нарæг къахвæндагыл — къах- вæндаг йæ разæй атасыд æмæ уагъылыйы къутæрты фæс- тæ амбæхст. Уайтагъд афтидæй аззад къахвæндаг. Уæд ма бæргæ фелвæста йæ хызхуд Исахан, фæлæ къахвæндаг йеддæмæ ницæуылуал æрхæцыд йæ цæст. Уæдæй фæстæмæ раст уыцы афон ратагьд кæны куы- ройæ — йе ссадæйдзаг гæрстæ фелвасы, иннæтæ атъыссы æмæ уым балæууы, цæхæрадоны кæрон, мыдыцъæрттæ кæм сты, уым. Мадимæ дæр раздæрау æрлæууа, йемæ аныхæстæ кæна, уый нал и. Æмæ йæ фæстæ кæсгæйæ баззайы мад — цыдæр кæны ацы лæппу! Уыцы æнæзонгæ чызджы куы федта, уымæн йе ’ртык- каг изæр Суадæттыæрх чызгæй байдзаг и. Дон æвгæны- ныл сæ ничи тагъд кодта. Суадоны алыварс æртымбыл сты, цыдæртæ дзырдтой, худтысты, стæй дон калын ма æрæ- мысой кæрæдзийыл! Се ’вгæнæнтæ-иу суадоны фæцавтой, се дзагæй-иу сæ фелвæстой æмæ-иу сæ кæрæдзийы расур- басурыл схæцыдысты. Исахан сæм æмбонды сæрты каст æмæ цыдæр æхсыз- гон’ худт кодта. Иу афон ауыдта: йæ мадыхойы чызг чи у, Марианæ, уый йе ’вгæнæны дзаг дон фелвæста суадоны
Тсерхон 379 хъæлæсæй æмæ уыцы æнæзонгæ чызджы асырдта. Чызг лыгьди, фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта, афтæмæй æмæ йын ницы æнтысти. Марианæйы та æндæр мæт нал уыди — куы йæ баййафид! Уæд чызг фæлæууыд, фездæхт Марианæмæ, йæ тъæпæн къухтæ йæ риуыл авæрдта, йæхи йæм бакъултæ кодта, æвæццæгæн ын лæгъстæ кодта — ма бакал. Фæлæ уæдмæ — сæххæтт æвгæнæны дзаг дон йæ тæккæ дæл- лагхъуыр. Чызг ма бæргæ ныззылди, фæлæ хуылыдз къаба буарыл аныхæст. Йæ тæрттæм фæлæбурдта чызг — æд- дæмæ сыл куы рахæцид, буарæй сæ куы фæхицæн кæнид, кæннæуæдæ кæм æгæр къуыпп адардта, кæм æгæр лæгъ- зæй аззад. Фæлæ иу ранæй фæхицæн вæййы къаба æмæ иннæ ран аныхæсы. Марианæйæн йæ кæл-кæл цыд, афтæмæй комкоммæ Исаханты æмбæрзтырдæм æрбалыгъд. Исахан, кæм и, уый дæр дзы ферох, афтæ цыбæлæй касти чызджыты хъазтмæ, æмæ, Марианæ æрдæгхуылы- дзæй кауы æдде куы ’рбалæууыд, уæд ма уымæ дæр мид- былхудгæ каст. Чызг йæ худын фæурæдта, йæхи йæм фæтызмæг кодта: — Ды та чызджытæм цы кæсыс уырдыгæй? — Ницы кæсын, — йæ мидбылхудт амбæхсынмæ хъавыд Исахан. — Ницы кæсыс, уæдæ! Афтæ ’нхъæл дæ — ничи дæ уыны. Æмæ кæсæггаг бафид. Чызг йæ дыстæй, йæ цæсгомыл ма цы æртæхтæ аззад, уыдон асæрфта. Стæй лæппумæ бахудти. — Дардæй сæм уæддæр кæс! Кæд, чи зоны...— Цæх- гæр фæивта йæ ныхас. — Мыд ма радæтт æмæ дзы асдæ- рой мæнæ чызджытæ. — Дыгъд дзы нæй. Нырма раджы у дуцынæн. Фæзгъæр мыд уын сисдзынæн. Марианæ цæхгæр ныззылд йе ’мбæлттæм, йæ къух сæм иыттылдта дардыл. — Рацæут, мæнæ уæ Исахан мыдмæ хоны, фæзгъæр мыдмæ! Исахан æмбондæй йæ сæр адардта, Суадæттыæрхы йæ цæстытæ арахæсс-бахæсс кодта. — Марианæ, уартæ дон кæуыл бакалдтай, уый та кæй чызг у?
380 Хуыгаты Сергей — Цы хъуыддаг дæ ис! — йæ цæстытæ та йæм мæсты- гæр арæзт фæкодта Марианæ. — Цæй-ма, гьо. — Дæхæдæг æй цæуылнæ зоныс?! — Никуы йæ федтон æмæ йæ кæм базонон, — йæ хъæлæс æрхауд Исаханæн. — Стæй мыл дæхи ныццæв! — Æмæ йæ цæуылнæ федтай искуы? Адæмы ’хсæнмæ цæуылнæ цæуыс? Цы хуызæн фæныкгуыз æмхæрæфырт мын дæ? — Æцæг, æцæг — уазæг чызг у? Марианæ та скаст Исаханмæ æмæ йæм фыдæнæнгæнæджы хъæлæсæй сдзырдта: — Æппындæр нæу уазæг чызг. Уалæ Ирманы чызг у. Тохонаты Ирманы чызг. — Æмæ йæ нырмæ куы никуы федтон ам. — Æмæ йæ куыд федтаис! Уый ардæм нæ цыд, ды ардыгæй никуыдæм цæуыс. — Уæдæ ныр цæмæ цæуы ардæм? — иннæ ныхæстæм нал хъуыста Исахан. — Сæ суадон басур и. — Куыд сын басур и? — Куыд басур вæййы! Дон дзы нал сабузта æмæ басур и. Мыд радæтт, цæй, стæй мæ ныхæстыл дар! Дæлæ æрба- цæуынц чызджытæ. Чызджытæ, æцæг, иу-цалдæрæй сæ хуылыдзтæ лæмаргæ æрбараст сты, Марианæ кæм лæууыди, уырдæм. Фæлæ ма сæ фылдæр уым лæууыди суадоны алыварс, æмæ та уыдонмæ дæр ахъæр кодта Марианæ: — Таймæт, рацæут ардæм! Ме ’мхæрæфырты мыд мын фенут, кæддæра йын адджын у. Исахан хызхуд куыд æркодта мыдыцъары уæлхъус, афтæ лæугæйæ аззад— уæдæ уый ном хуыйны Таймæт, Имраны чызджы ном уалæ. Дзæбæх æм фæкаст уыцы ном æмæ йын æхсызгон уыди, чызджы ном Таймæт кæй хуыйны, уый. Стæй байгом кодта мыдыцъар, мыдæй йедзаг фæл- гæт систа, йæ бындзытæ йын æрцагъта асыкмæ æмæ йæ æмбæрзты сæрты алæвæрдта Марианæмæ. Уæдмæ фаллаг чызджытæ дæр бамбырд сты Марианæ- йьц1, фæйнæрдыгæй йæм сæ гом цæнггæ баивæзтой. Иу цъус- дуг сæ ныхас нал сыхъуыст. Стæй сæ чидæр хъæрæй загъта:
Тсерхои 381 — Дæ мыд адджын нæу! Исахан кауы сæрты каст, фæлæ дзурæг чи уыд, уый нæ базыдта — иууылдæр æууилгæ кодтой æмæ. Уæддæр æм адзырдта: — Фæстæдæр фæадджындæр уыдзæн, хæрд куы фæуа, уæд. Хорз уыди, æмæ йæ хызхуд нал систа æмæ йын ныр йæ хуынчъытæй касти Таймæтмæ. Æнæуи йæм афтæ кæсæн кæм уыдаид! Уый гыццыл иуварс лæууыд, йе ’нгомæвæрд былтæ змæлыдысты. Кæрæдзийы-иу æрæлхъывтой, æмæ-иу сæ сырх тæмæн цыдæр æрбаци, фæлæ та-иу уайтагъд фæстæмæ анхъæвзта уыцы тæмæн былтыл, æмæ-иу йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд Исаханæн. Хæдзары мады йеддæмæ никæй баййæфта. Динæ сæ хæс- тæджытæй кæмæдæр ауад. Исахан, мæнгагъуысты кæрон сын цы къаннæг хатæн уыд, уым йæ гæрстæ ивыныл фæци. Мад агъуыстæй рахизæны ныллæг бандоныл æрбадт, йæ зæрды уыди лæппуимæ аныхас кæнын, ома, ауылты ра- цæйцæудзæни æмæ йæ ам фæуромдзынæн. Фæлæ Исахан æгæр тагъд рауади, дзурын æм ницыуал сфæрæзта. Æнæуи дæр а фæстаг рæстæджы цыдæр тагъд фæкæны уыцы бын- дзытæм, мæнæ сын цыма, куы сыстой æмæ искуыдæм куы атæхой, уымæй тæрсы. — Фæцæуыс, цы, лæппу? Æмæ уæд та дæ дзыхмæ исты систаис, — æрмæст ма йæм уыцы ныхæстæ сфæрæзта, уыдон дæр, йæ рæзты куы рахызти, уæд. — Фæстæдæр, фæстæдæр, дзыцца, — цæугæ-цæуын æм æрбадзырдта Исахан дæр æмæ цæхæрадоны дуарыл ахæ- цыд. Мад куыд æрбадт, афтæ баззад бадгæйæ æмæ нысса- гъæс кодта: куыд цæрдзæни ацы лæппу афтæмæй? Ныры онг уыцы хъуыды йæ тæфтыл дæр никуы ацыд, ныры онг цин кодта, йæ иунæг бындар афтæ хæдзардзин æмæ хæдзаруарзаг кæй у, ууыл. Акæс-ма, кæддæра мы- дыкъусы хуызæн нæу сæ хæдзар. Фосæн — фос, хорæн — хор. Ныр ма дын уый та — мыд! Уæдæ уыцы куыройæ дæр капекк хауы хæдзармæ, кæд мæнæ-мæнæ иттæг нæу ссæггаг исыныл, уæддæр. Хуыцауæй бузныг, искæмæ исты курæг бацæуой хъæубæсты, уый сæр сæ никуы бахъæуы. Сæхимæ сын æрбацæуынц — чи æфстау æхца фæагуры,
382 Хуыгаты Сергей чи холладжы тæскъ ракуры. Ибон ма йын чидæр йæ ног худ дæр ракуырдта, йæ къæбæлдзыг бухархуд, уазæгуа- ты цыди ’мæ. Фæлæ а йæ хо чи у Исинæйæн, уый йын йæ удæнцой фæсырдта йæ ныхæстæй. Ам сæм æндæрæбон æрбауади æмæ йыл ныккалдта, их куыд ныккала, афтæ. Уыцы лæппумæ, дам, дæ хъус цæуылнæ æрдарыс, уый, дам, цы хуызæн цæрдтытæ кæны! Æмæ, дам, дыл цæстытæ нæй, æмæ, дам, адæмы лæппуты нæ уыныс?! Исинæ йæм кæд кæсгæйæ нæ баззад! Сулæфынæн дæр нал уыд æмæ та-иу йæ дзых фæхæлиу кодта. Æрæджиау ма æнæбары сфæрæзта: — Мацы фыдбылызы нытътъысса йæхи, сау бон мыл ныккодта! Газгули йæм фыццаг тигъмæ бакаст, стæй йæм багуы- быр и. — Фыдбылызы нæ нытътъыста йæхи, фæлæ, уый фыд- былызæй фыддæр у, уый куыд нæ æмбарут! Цы бабырыд уыцы куыройы?! Цы бафтыд уыцы бындзытыл, уыцы цæхæрадоныл, уыцы фосыл?! Гæр, йе ’мгæртты дæр нæ уыны, æндæр ницы фæлæ?! — Æмæ цы кæнынц йе ’мгæрттæ? — йæ хъуыры ’гънæг суагъта Исинæ, кæд ын улæфын фенцондæр уаид. — Ницы! — фесхъиудта Газгули. — Се ссад калгæ нæ рацу-бацу кæнынц уыйау хъæууынгты, кæд мæ дзурын кæныс, уæд! — Æмæ ссад цæмæй æвзæр у? — Арынджы æвзæр нæу! — фесхъиудта та Газгули. — Фæлæ йæ дæ тæрттæ ’мæ дæ хæлафы уæрджытыл куы рахæсс-бахæсс кæнай, уæд æвзæр у, тынг æвзæр у уæд, уæд ыссад нал у, фæлæ æгады хос! Дæлæ ма Муссæмæ ныккæсæд, Хъиладзанты Муссæмæ, науæд Дзалботтаты Агимæ, кæддæра сæ исчи æхсæв йæ уаты æрхуыссы, стæй бон, кæм хуыздæр абадой, цы хуыздæр ахæрой æмæ ана- зой, ууыл не сты! Дымгæ та уартæ фæсарæйнаг тамакотæ кæнынц. — Гæр, æмæ, ныр тамако нæ дымы, уый тыххæй... На ’мæ æхсæв Хуыцау хуыссынæн сфæлдыста æмæ дæ уаты ныххуысс, цы рахау-бахау кæныс! Газгули йæхи акъуырдта Исинæйыл.
Тæрхои 383 — Æрбахауа сæм, æрбахауа, æрбахæссой сæ хæдзæрт- тæм æмæ сын уа! Гъæуымæн рахау-бахау кæнынц, гъе! — Аба-бау!— йæ къухтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты Исинæйæн. — Мачиуал мын скæнæд ахæм хæссинаджы кой, йæ разы мæ хурхыл кард сæвæрдзынæн. Газгули йæм кæсгæйæ баззад æмæ ма уæд бафтыдта йæ ныхасыл Исинæ: — Йæ фыды дæр ын афтæ сæрра кодтой йе ’мбæлттæ — цом, ацæуæм, æрбахæссæм, уа нæм! Æмæ йын йæ мард æрбахастой. Мах нал хъæуы ахæм хæссинæгтæ, махæн æгъгъæд фæуæд! — Лæг хъуамæ мæлгæ дæр лæгæй акæна, удыбæстæ йын уæд и. — Уый Хуыцауы ныхмæ арæзт ныхас у! Газгули йæм цæхгæр ныззылди: — Ныууадз-ма! Уый дын Хуыцауы ныхмæ æмæ æндæр искæй ныхмæ. Хуыцау уыдæттыл хуыздæр ауды, кæд мæ фæрсыс, уæд. Бакæс-ма сын сæ цардмæ! — Мах никæй цард хъæуы. — Уæдæ бадæд йæ куыройы! — Газгули фестад, фæ- цæйцыд, фæстæмæ ныззылди. — Худинаг та йæм куыд нæ кæсы. Хæрæджы йас лæг æмæ куыройы мысты цардæй цæр! Лæг чи у, уый хъуамæ йæ иу фарсыл ливор дара, иннæ фарсыл — кард. Гъе уæд æй нымайынц, гъе, адæм лæгыл! Афтæ йæ гуыбырæй бадгæ ныууагъта Газгули. Сыста ма æмæ ма йæ фæдыл дуары онг ацæуа, уый дæр йæ бон нал баци. 2 Суадæттыæрхы цъиуызмæлæг дæр нæ уыд — уæддæр касти æрхмæ Исахан æмæ бустæ кодта йæхиуыл: фæлтау уыцы дыууæ усы ссинæгтæ куынæуал райстаид. Фæлæ сæ куыд нæ хъуамæ ракодтаид исгæ дæр! Фæстæмæ сæ аз- дæхтаид æд къæссатæ! Уæдæ ’мæ йæ йæ гæрстæ ивын нæ хъуыд, цæмæн сæ хъуыд ивын?! Гъеныр ацу æмæ уыцы афтид æрхмæ кæс! Уæддæр касти. Æмæ йæ цæстытыл уади Таймæт: куы- иу йæ бедратæм дон æвгæдта, йæ дыууæ дзыккуйы йæ
384 Хуыгаты Сергей уæхсчыты сæрты ахаудысты, афтæмæй, куы та-иу йæ хуылыдз къабайы тæрттæ йæ уæлæ аныхæстысты. Уый йын Марианæйы аххос уыди. Уæдæ йæм уый здæхгæ фæкодта, Таймæт, йæ армытъæпæнтæ риуыл авæрдтæ — ма йыл æй бакал. Уый йыл æй уæддæр басæххæтт кодта. Æмæ аны- хæстысты къабайы тæрттæ риуыл. Ныр ахастой дон уæлæсыхы чызджытæ. Æрцыдысты, сæвгæдтой æмæ ахастой, уæдæ уымæ кастаиккой! Раздæхт йæ мыдыцъæрттæм. Иуы сæр дзы сыгом кодта, бындзахсæн æртыскæнæй дзы цалдæр нæл бындзы æрцахста, фæлæ сæ бацъист кæна, уый йæ йæ зæрдæ нæ бахаста, афтæ-иу сæ фелхъывта æмæ-иу сæ къæхтыбынмæ æрæп- пæрста. Стæй йæм нал цыди бындзытæ ахсын дæр. Æрæх- гæдта мыдыцъар æмæ къахвæндагыл араст сабыргай уæлæ- мæ. Мæнгагъуысты дуарыл куы бахæцыд, уæд ауыдта Марианæйы — Исинæйы раз лæууыд æмæ цæуылдæр худ- ти. Худгæ та фæлтæргай худт кодта Марианæ — ахудтаид æмæ фæлæууыдаид, лæг загътаид, фæци худт, фæлæ уый кæнæ искæмæ исты сдзырдтаид, кæнæ æнæуи алæууыдаид æмæ та йæ кæл-кæл хъуамæ ссыдаид. Исаханы куы ауыд- та, уæд йæ размæ иу-цалдæр къахдзæфы ракодта. — Нæ фæлæ дæ мыд адджын цæуылнæ у? Ай диссаг нæу— алкæмæн йæ мыд адджын, дæуæн— маст. Кæд дын мыдыбындзытæ не сты, дыдынтæ дын сты кæд. — Дзургæ- дзурын ноджы æввахсдæр балæууыди лæппумæ. — Таймæты зæрдæмæ дæр иæ фæцыди дæ мыд. Таймæты коймæ Исинæмæ бакасти Исахан, стæй æддæ- дæр алæууыди чызгæй. — Ацу мидæмæ, лæппу дæр нырма æнæсихор у, — ба- дзырдта Марианæмæ Исинæ. — Хæринаг хъарм акæн, ны- ууазал уыдаид. — Йæхæдæг тыргъы къулмæ бацыд. Уым цалдæр урс бедрайы лæууыд дæлгоммæ фæлдæхтæй, иу дзы райста æмæ уынгмæ ахызт — хъуццытæн сæ дуцына- фон æрцыд, æмæ сæ уасынæй нал æнцадысты. Хъуццытæ дыгъд фæци, йæ иу къухы — дзаг бедра, йæ урс-урсид пух фынк йæ сæрыл бадт, — йе ’ннæ къухы йæ ныллæг бандон, афтæмæй æрбахызт кæртмæ Исинæ. Уæд рацыдысты сæрдыгон цæрæнæй Исахан æмæ Марианæ. Чызг Исинæйы раз алæууыд. — Дæ хойæн дæр-ма бацамон, лывзæ куыд кæнын
Тсерхон 385 хъæуы, уый, — бахудти Марианæ, — кæннæуæд йæ лыв- зæйы картоф йеддæмæ дзидза нæ вæййы. Гыццыл ма алæууыдысты Марианæ æмæ Исинæ, æмæ сæм бадзырдта Исахан. — Æз куыроймæ цæуын. Марианæ йæм цæхгæр фæзылди. — Цом-ма, æз дæр бакæсон уыцы куыроймæ, кæд сыз- гъæринтæ ыссы, мыййаг. — Цом. Уынджы гыццыл куы бауадысты, уæд Марианæ йæ къух лæппуйы дæларм акодта, йæ цæстытæм ын скасти. — Мæ ингæны ныккæсæд, раст чи нæ зæгьа: дæ зæр- дæмæ нæ цæуы Таймæт? Исахан фæлæууыд йæ цæуынæй. Фæлæууыд Марианæ йæхæдæг дæр. Афтæ алæууыдысты, стæй загъта Исахан: — Цæуы, тынг цæуы. — Уæд та йæ фæчындз кæниккам? — Куыд æй фæчындз кæндзынæ?! — Куыд вæййы, афтæ. — Куы ницы дын дзы рауайа, уымæй нæ тæрсыс? — Нæ тæрсын. Цæмæн хъуамæ тæрсон? — Æгæр рæсугъд у. — Мах дæр рæсугъд хъæуы. Фыдуындæй цы аразæм! — Марианæ размæ ахæцыд лæппуйыл. Уый æнæбары айста йæ къæхтæ. — Уæдæ ма дзы мацы рауайæд, æз ын йæ дзыккутæ йæ армы авæрдзынæн. 3 Бон йæ тынгыл уыд. Исахан кæрты астæу алæууыд, стæй аздæхт æмæ цæхæрадонмæ ахызт. Уым, скъæты фæ- стæ цы арф хæмпæлтæ уыд, уыдоны балæгæрста, цалдæр армыдзаджы мæнтæджы хус къокъосатæ ратыдта, иуты дзы йæ хæдоны уæхсчытыл фæхæцын кодта, иннæты йæ хæ- лафы уæрджытæ æмæ æрбадæнтыл, уый фæстæ ралæгæр- ста хæмпæлтæй æмæ кæртмæ рахызт. Уым йæ дзыппæй тамакоты къопп систа, даргъ къопп, æддагбæстаг къопп, иу дзы сдымдта æмæ фæздæгкалгæ рацыди уынгмæ. Уынджы бæрæг астæуты æрбацæйцыдысты хъæуыби- наг лæппутæ Бигана æмæ Дзылыкъо. Йе ’цæг ном æндæр 25 Хуыгаты Ссргсй
386 Хуыгаты Сергей цыдæр хуынди Дзылыкъойæн, фæлæ йын æй Исахан нæ зыдта — иууылдæр æй Дзылыкъо хуыдтой æмæ. Исахан лæууыд сæ ахизæны æмæ фæздæг калдта. Лæп- путæ йæм æрбараст сты, йæ къух ын райстой. Бигана йыл йæ цæстытæ æрхаста, йæ уæхскæй йын мæнтæджы къокъоса райста. Æркасти йæм. — Де ’хсæвдзæуæн дарæс-иу раив, гъей, мæнæ лæг! Стæй-иу сæ дæ уæлæ рахæсс пыхсæй-хæмпæлæй. — Мæ хо хæдзары нæ фæци, æмæ кæм агуырдтаин æндæр дарæс. Искуы ма дзы ис, æркæс-ма мæм, — йæ чъыл- дым аздæхта Биганамæ Исахан. Бигана мæнтæджы къокъо- сатæ рауыгъта, зæхмæ сæ аппæрста. — Мах дæумæ цыдыстæм, — ныхас йæхимæ айста Дзы- лыкъо. — Цом махимæ, нæ хæдзары саджыфыд ис æмæ дзы фæйнæ физонæджы бахæрæм. — Саджыфыд? — бадис кодта Исахан. — Æмæ уæм кæцæй æрцыд саджыфыд? Бигана бахудти. — Раст сын уалæ, цал саджы сты, уал хъаггæнæджы кæм и, уыцы тæккæ ранæй. Сæ фындзыбын сын æй афæл- дæхта. Хыртт-мыртт нæй амæ. — Хъæбæртæ бафтыдысты мæ фæдыл. Фæлæ мæнæн уыдоны акуырм кæнын цы хъæуы! Мæхи фаллаг æрхмæ фехстон, уым дыууæ гæрахы фæкодтон. Уыдон уыцыр- дæм фесты. Фездæхтæн, ранцадтæн сагыл æмæ йæ сыф- цæй доныбыл балæууын кодтон — афæдздзыд стуры йас уыди раст. — Нæ, æмæ стыр уыди, уый тыххæй йæм алкæй нæ хонæм, — бахудти Бигана. — Цæхæрадоны арт скæндзыстæм, бæлæсты бын фынг авæрдзыстæм... Исахан йæ сæр ныттылдта. — Мæ комыкъулты дон акалди уæ ныхæстæм. Фæлæ мын гæнæн нæй — чидæр мæм æрбацæуинаг у. Ахсæв нæ цыдæр хъуыддаг ис иу ран, æмæ нæ аныхас кæнын хъæуы. Æндæра ныр сымахимæ ацу!— йе ’взагæй йæ комарынг ныкъкъæрцц кодта Исахан, стæй тамако йæ дзыхмæ схаста æмæ йæ тынг спъæрттытæ кодта. — Саджыфыдæй физо- нæг хуыздæр у, æмæ ма уæм цы бахатон, æндæра уæртæ махмæ цæхджын куыры фыд — хæрх. Айразмæ йæ уалæ
Тæрхон 387 Бургомæй æртардтам. Æнæхъæн цæхгæрыдзаг дзы ныц- цæхджын кодтон. Уадз æмæ цæхджын фыд уа хæдзары. Холлаг æвæрын ын куы нæ хъæуы! Лæппутæ бахудтысты — Исаханы фæстаг ныхас сæм хорз фæкаст. Бигана йын худгæ-худын йæ уæхскмæ бав- нæлдта, цыдæр къæмдзыг дзы райста. — Ныр дæ куырой не ’рымысыс? Исахан йæ цæстытæ æрцъынд кодта, ауыдта — куы- ройы цалх зилы, зыррытт кæны, доны æртæхтæ рыг фес- тадысты, афтæмæй зилынц зилдухæй йæ алфамблай. Æмæ арф ныуулæфыд. Уый фæстæ загъта æнæмæт лæджы хъæлæсæй: — Алæ, æрæмысын æй, йед æй кæнын: лæг иу æхсæв цы пайда æрбахæссы йæ хæдзармæ, уый дзы афæдзæй- афæдзмæ нæ хастон. — Тынг дис дыл кодтам мах иууылдæр, — дзургæ-дзу- рын ын йæ фæздæгкалгæ къухмæ æркасти Бигана. — Фæ- лæуу-ма, æмæ тамако дымын та кæд райдыдтай, дæ фæз- дæг дæ сæрмæ хъен куы ныллæууыд. — Райдыдтон, — йæ тамакойыл уæлæмæ схæцыд Иса- хан.— Æхсæвыгон лæг исты хъуыддаджы фæдыл куы ацæуы, уæд хи аирхæфсынæн æвзæр нæу. Хорз у. — Алæма, цы хуызæн тамакотæ дымыс? Исахан тамакоты къопп систа, бадардта йæ Биганамæ. Бигана йæ айста, æркæстытæ йæм кодта. — Уоуу, дæ бонæй уай! Мæнæ цытæ дымы, мæнæ! — иу дзы Дзылыкъомæ авæрдта, иу дзы йæхи дзыхы акодта. — Махæн дæр кæд нæ гуыбынтæ нæ фæриссын кæниккой! — Цом уæдæ. — Сæ тамакотæ куы ссыгътой, уæд баз- мæлыд Дзылыкъо. — Куыд кæсын, афтæмæй, амæй махæн ницы пайда и. — Цом. Фæлæ а куырыфыдмæ дæр иу æвдæлон бон зындзыстæм. Зон æй, — Исаханы дысыл рахæцыд Бига- на. — Æз уарзын цæхджын куырыфыд. Лæппутæ ацыдысты. Исахан сæ фæдыл æнкъардæй каст. Тамакойы сæг йæ хъæлæсы ныббадт, йæ ком дзы смаст и æмæ ату-ату кодта. Касти лæппуты фæстæ æмæ иу хъуы- ды фæзынд йæ сæры — ныр райсом кæнæ иннæбон ам куы ’рбалæууой, уæд сын кæцæй æрхæсдзæни цæхджын куы- рыфыд? Йæ худ систа, йæ сæры астæу аныхта. Уæдæмæ
388 Хуыгаты Сергей искуы стурыфыд алхæна æмæ йыл цæхх аскъæра. Фæ- лæуу æмæ йæ нæ ныцъцъиу-цъиу кæндзысты — Исахан дзидза æлхæдта, æмæ нæ айхъуысдзæн фæйнæрдæм? Нæ, æлхæнæн нæй. Йæ уæзбын къахдзæфтæй мæзджыты ’рдæм араст — уым та лæппутæй исчитæ уыдзæн , мæзджыты фæзы, æмæ дзы уый дæр разына. Мæзджыты базилæны Муртыкты раз адæм дыууæрдæм кодтой. Мидæгæй — кæртæй хъуысти хъазты хъæр. Иса- хан сæм баздæхт, кæмæндæрты сæ сæ къухтæ райста. Афæр- стытæ сæ кодта. Æмæ, дам, Нохаджыр, Муртыккæн йæ астæуккаг лæппу, ахæстоны уыди, ныр æй рауагътой æмæ, дам, сæм куывд и. Исаханы мидæмæ акодтой, кæртмæ. Хъазты астæу йе ’рттиваг туфлитæй иу иннæйы зæвæтмæ æвæрдта, афтæмæй размæ-фæстæмæ кодта Муссæ, дæлæ Хъиладзанты Муссæ. Йæ къухтæ дæр æмызмæлд кодтой йæ къæхтау, æмæ-иу йæ урс хæдоны уæгъд дыстæ урс тырысатау пæрпæргæнгæ стахтысты йæ сæрмæ, йæ разæй та кæд кафыд Таймæт! Æмæ та-иу дзы Муссæ йæ алыварс зилдух-зилахаргæнгæ куы баразæй, æмæ-иу чызджы раз куы райдыдта йæ зæнгтæ дзуарса æвæрдтытæ кæнын æмæ хæрдмæ хауын, уæд та-иу Таймæт йæ цæнгтыл йæхимæ æрбахæцыд æмæ-иу йæ мидбынат зилын райдыдта æмæ-иу цъил фестад, зырнæйзылд цъил. Исахан хъазты кæрон æрлæууыд. Марианæ йæм уыр- дæм æрбауад кæцæйдæр, йæ дæларм ын йæ къух фæцавта, йæхи йыл бакъул кодта. — Ды дæр-ма ракаф, Иса! — Æмæ ма дын куыд ракафон Муссæйы фæстæ? Æн- дæр искæй фæстæ ма, чи зоны, ракафыдаин. — Стæй йæ сæр æркъул кодта чызгмæ æмæ йæм мынæг хъæлæсæй ба- дзырдта: — Ноджы Таймæт дæр куы ракафыд! Уыцы рæстæджы та Муссæ йæхи фехста Таймæты раз- мæ æмæ та йæ къæхтæ зæххыл нал хæцыдысты, йæ хæдо- ны дыстæ дæр та тырысатæ фестадысты — урс, тæлфаг, пæр-пæргæнаг тырысатæ. Æмæ та Таймæт дæр æрзылди йæ мидбынат— йæ цæстытæ зæхмæ уагъд, йæ пух былтæ кæрæдзийæ зына-нæзына фæхицæн сты — хъæлдзæг хи- цæн, тавицы хицæн, æмæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта Исаха- нæн. Уæдмæ зилгæ-зилын ауыдта Исаханы Муссæ, уыцыр-
Тсерхо н ^о" яæм бакафыд, йæ цонгмæ йын фæлæбурдта æмæ йæ хъаз- ты астæумæ раппæрста. Йæхæдæг æрлæууыд хъазты кæ- рон, тыхулæфт кодта æмæ-иу йæ худгæ-райгæ цæсгом куы кæмæ фæдардта, куы - кæмæ. Исахан лæугæйæ аззад — цы ми бакæна! Кафа æмæ куыд кафа! Скъолайы бæргæ цыди кафджытæм, фæлæ скъола куы фæци, уæдæй цал азы рацыди ныр æмæ хъазты къæсæрæй никуы бакасти. Стæй-ма йæ æнæуи искæимæ куы кафын кæниккой, фæлæ — Таймæтимæ! Таймæт дæр фæлæууыд, цыма фæндыры цагъд æмæ æмдзæгъдæй фæиппæрд, уый хуызæн, иу каст фæкодта Исаханмæ, стæй йæ цæнгтæ айтыгъта, йæ сæр бæрзонд систа æмæ азылди хъазты зилаччы кæрæтты. Æмæ фестъæлфыди йæ зæрдæ Исаханæн уыцы азыл- дæй. Йæ галиу къухы пырх арм йæ риуыл фæфæлдæхта, йæ рахиз къух айтынг кодта, уымæн дæр йе ’нгуылдзтæ растæй аззадысты, афтæмæй асирдта чызджы фæстæ. Иу зылд куы æркодта хъазты зилаккыл, уæд иннæрдæм фез- дæхт, йæ размæ бакафа чызгæн, æмæ раст уæд ацахста йæ хъуыды: скъолайы кафджытæм куы цыди, уæд-иу ацы цагьдмæ уæрджытыл куы зылди, мæнæ ныр цы цагъдмæ кафынц Таймæтимæ, уыцы цагъдмæ. Цымæ ныр нал базо- нид уæрджытыл зилын?! Цымæ ахæм хъазты æмбæлы уæрджытыл зилын? Уыцы цæстыфæныкъуылд ауыдта — уæртæ йæ размæ æрбакафы Таймæт уыцы гуырвидауц, уыцы рæсугьдæй æмæ йæ дыууæ къухы дæр хъилæй азза- дысты, афтæмæй йæ уæрджытæ зæхмæ ахаста. Æххæст нæма ныххæццæ сты уæрджытæ зæхмæ, афтæ ныззылди Исахан æмæ зилгæ-зилгæ йæхи ахаста чызджы фæрсты. Таймæт йæ цæстытигъæй ауыдта — лæппу йæ уæрджы- тæ зæххы ацавта, фæцæй та лæууыди: цы кодта, цы йыл æрцыд?! Уый цæмæй хæйрæг уыди æмæ Исахан — са- быр, уæзбын Исахан ахæм зылдтытæ кæндзæн! Йæ уадул- тæ сырх кæнын куыд райдыдтой, уый бамбæрста, æмæ, фыццаг йæ мидбынат æрзылди, стæй йæ цæнгтыл ахæцыд æмæ æддиæутты асирдта, цыма адæмы цæстæй аирвæзын- мæ хъавыди. Фæндыр ивæзти æмæ ивæзти. Йæ фидар æнæрæдыд хъæлæстæ кæрæдзийы ивтой æмæ ивтой, къæрцц-æмдзæгъ- димæ сиу сты æмæ удыл базыртæ сагътой. Æмæ зылди
390 Хуыгаты Сергей Исахан Таймæты фæрсты — иу зылдæй иннæ рогдæр, иу зылдæй иннæ фидардæр, æмæ йæм лæппуйæ-чызгæй кæс- гæйæ баззадысты. Кафт фесты. Исахан Таймæты раз уырдыг алæууыд, йæ сæрæй йын акуывта æмæ иуварс ахызти. Марианæ та йæм базгъордта, йæ цæстытæ сæ фæлгæтты нал цы- дысты. — Уæ, бындары лæппу фæуай, кæд цы кæфтытæ зо- ныс! Ды Муссæйæ загътай, фæлæ ма кæд дæ фæстæ исчи бауæнда кафын! Æмæ æцæг ничиуал кафыд. Исахан йæ уæрджыты рыг- тæ ацагъта æмæ лæппутæй кæимæдæрты уынгмæ ахызт. Ныхасгæнгæ мæзджыты фæзмæ байстой сæхи. Тымбыл æрлæууыдысты, цыма хъазт арæзтой уым дæр, афтæ. Иса- ханы кой кодтой, æппæлыдысты йын йæ кафтæй. Уæртæ рынчындоны æхсæвгæс чи у, зылынфындз Зырапп, уый та афтæ загъта: — Гъеныр дыууæ лæджы федтон уæрджытыл зилгæ: иухатт нæм горæтæй куы æрцыдысты кафджытæ, уæд уыдонæй^дæр иу куы зылди йæ уæрджытыл. Æмæ, мæнæ — дæу. — Йæ цæстытæ ахаста лæппуты цæсгæмттыл, цыма кæцытæ сты, уый бадарын уыд йæ зæрдыл, æмæ ма баф- тыдта йæ ныхасыл: — Уæрджытыл зилын сымахмæ къæх- тыл зилыны хуызæн ма кæсæд. Уæрджытыл зилынæй зын- дæр æппындæр ницы и, кæд мæ фæрсут, уæд. Æмæ йæм уыдон дæр сæ сæртæ æнкъуыстой, æмбарæм æй, ома, уыйбæрц æнæмбаргæ не стæм мах дæр, ма тæрс. Ноджы дæр ма акодтой хъазты кой. Æмæ Гибыцо чи у, Муртыкты уынджы кæрон зæронд даргъ хæдзары чи цæры, уыдоны лæппу, уый йæ цæнгтæ йæ сæрмæ тынг ныхъхъил кодта — цыдæр хъæддаг цæрæгойы сыкъаты хуызæн уыдысты йæ цæнгтæ — æмæ ныуулæфтытæ кодта: — Уæдæ Таймæт дæр цы чызг сси! Ехх, Таймæт, Тай- мæт! Исахан тыхсти — Муссæ нæ рацыд семæ, уым баззад Муртыкты кæрты, æмæ та-иу йæ уæхсчы сæрты акаст Муртыкты ’рдæм. Ноджы Таймæт дæр нæ рацыди æмæ. Уым сты нырма Таймæт дæр æмæ Марианæ дæр. Уæдмæ лæппутæ се’ннæ ныхæстæм рахызтысты — дысон сæ чи кæм уыди, æндæрæхсæв сæ чи цы ми кодта. Иу афон,
Тсерхон 391 хъæды астæу лæгуын куыд фæзына, афтæ фæзынд лæгуын сæ ныхæсты астæу, æмæ Тæджи мæсты ту ныккодта. — Мæ игæр быны сыгъд баци мæстæй ныр дыууæ боны дæргьы. Афтæмæй мыл ныцъцъæх сты, ракаф, дам, мæ- нæйуый. Уæд уын куыд ракафон! Мæнæн мæ зæрдæйы куывд нæй, хист и мæ зæрдæйы мæнæн! — йæ къухтæ ныт- тылдта Тæджи. Æмæ сæ æгæр ныттылдта. Æнæуи дæр роггомау уыди Тæджи, сæртæггомау. Сомытæ кæнынмæ дæр-иу æгæр фæци, æмæ — æлгъитынмæ дæр. Йæ ныхæ- стыл дæр ын мæнæ-мæнæ ничи æууæндыд лæппутæй. Уæддæр æм аздæхтой се ’нгас — цы йыл æрцыд, цæ- уыл басыгъд йæ игæр? — Мæ цæттæ бæх мæ къухæй асыффытт ласта! — Тæджи фæлæууыд йæ ныхасæй. Ныр æй уадз æмæ исчи бафæрса: куыд асыффытт ласта йæ цæттæ бæх йæ къухæй? Кæннæуæд афтæ уайы, цыма сын уæлдай нæу, радзура сын æй æви сын æй ма радзура. Алæууыди Тæджи, алæууыди — нæй, ничи йæ бафарста. Æмæ ма, чи зоны, алæууыдаид ноджы гыццыл, фæлæ ай æппæт лæппутæм дзуринагæй фылдæр цы и! Æмæ сæ исчи куы райдайа дзурын, уæд ын афтæ зæгъдзынæ, ды уал фæ- лæуу, æз мæнæ, исчи мæ кæд афæрсид, уымæ кастæн? — Йæ идоны бос ын мæ цонджыхъулыл æртыхтон, — зыдтон æй — фынæй кæндзынæн, уый размæ дыууæ æхсæвы цъын- ды хъæстæ нæ фæдæн... Уый уьщы дзæбæх сæпп кодта мæ фарсмæ, цалынмæ нæ афынæй дæн, уæдмæ. Фæлæ йæ базыд- та — афынæй дæн. Бæх хин æмæ кæлæн у— йæхиуыл иуварс ахæцыд æмæ идоны бос айхæлд. Бæх дæр бæхы хуы- зæн куы уыдаид! Йæ мины раз ницы лæууыди. Йæ цæстытæм ын мæ къух бахастаин, минæй къаддæр мын чи ской кодтаид, уымæн. Æмæ афардæг, мин ахауди мæ дзыппæй, æнæхъæн мин! Кæд мæ дамбаца нæ систон, зæгьын æй мæ тæккæ риуыл ныххуырсон, уæд мæ ингæны æвæрд фæуæд мæ дамбаца. Уæдæ кæдæм фынæй кодтон, мæрдфынæй бауон — уымæй дæр бæхы рагьыл! Уыцы иу сахат нал фæрæзтон?! Исахан æй исдуг афæрсынмæ хъавыд, бæх йæ къухы кæм бафтыд, уымæй, стæй цæхгæр ныззылд иннæрдæм — уæдæ ’мæ та уый дæр радзура^исты, йæхæдæг Исахан. Фæлæ цы? Цы та æрымыса? Йæ бынаты базмæлыд — уадз бамбарой, цыдæр дзурынмæ хъавы æмæ, уал иннæ- тæй алчи йæхицæн бада.
392 Хуыгаты Сергей — Уæдæ мæнæн хуыздæр рауади мæ хъуыддаг, — нод- жыдæр та базмæлыд йæ бынаты Исахан. — Ибон, тыхджын къæвда куы ’рцыди, уымæн йæ дыккаг бон Лæнчыхъæумæ бафтыдтæн. Фæцæуын дын æмæ дын хъæугæрон иу æрдæгарæзт хæдзары цур иу бæгъæввад лæппу дыууæ дыгæрдыджы хизы. Ныр дыгæрдгуытæм бакæс, æмæ — фæрдгуытæ никуы федтай! Уыцы æмхуызæттæ — саутæ æмæ къуыбырсытæ. Æнæуи — хæрзхаст, хæрззылд. Иу ныхасæй — мæ уд сæ баззад. — Фæлæууыд Исахан. Лæн- чыхъæуы æцæг уыд, дыгæрдгуытæ дæр дзы æцæг федта. Фæлæ ууыл фæци хъуыддаг. Æмæ ныр æрымысын хъуыд исты. Фæлæ цы? Фæлæ куыд? Уæдмæ уал йæ дзыппæй тамакоты къопп систа, лæппутæм æй иугай бадардта, уыдонæй дзы чи айста, чи — нæ. Уый фæстæ дзы йæхæдæг дæр иу сдымдта, схуыфтытæ кодта. — Ныр багъæц. Хъуыды кæнын: адон æхсæв дæр ам ма дарой, ацы дыгæрдгуыты, уый гæнæн нæй. Уæдæ хæдзар ам аразынц æмæ скъæт та æндæр искуы араздзысты?! Дысон æхсæвæрыл куы æрбадтыстæм, уæд сæм мæ зæрдæ ма ахсайа! Гъæтт, зæгъын, мæнæйуый, лæг ма фæхуыйн, ды хъарм уат куы бацагурай! Фестадтæн фынгæй, мæ бæ- хыл саргъ авæрдтон. — Уыцы афон? — афарста йæ кæстæр лæппутæй чидæр. — Ай, нæ хъусут амæ — уыцы афон, дам! Уæдæ мæ бон сихорафон цæуын кæныс хуыснæджы? Худæджы ны- хæстæ фæкæнут бынтондæр, хуыцауыстæн. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ æрхызтæн æрдæгарæзт хæдзары раз. Æр- мифицаугæйæ бацыдтæн мидæмæ, æмæ мæнæ тæккæ ба- хизæны хуыссынц фæрсæй-фæрстæм. Уырдæм сын синаг абастон сæ хъуыртыл, фæндагыл фæйнæрдæм куыд нæ хæцыдаиккой, афтæ. Мæ разæй сæ ракодтон, æмæ мыл куыдз дæр не срæйдта, афтæмæй сæ æрмидæг кодтон. Цин дын фенон, уыдонæй лæувæздон хъуццытæ куыд рауайа! — Æмæ дæм бæх куы нæ уыд,— баппæрста йæм йæ ныхас Гибыцо. Исахан йæ къух йæ дзыхы акодта — æгæр адзæгъæл! Фæлæ гæнæн нал уыд: — Нæ мæм уыд æмæ балхæдтон. Хорз бæх балхæдтон, тыхджын хорз бæх. Уæдæ ацы куыстыты æнæ бæх лæг æнæ цонг лæгæй уæлдай нæу.
Тсерхон 393 Исахан дзырд фæци æмæ та акаст Муртыкты ’рдæм. дцы Муссæ... Хъазтмæ йæ кæй баппæрста, уый хорз уыд — хорз уыд, Таймæтимæ кæй акафыд, уый. Стæй уадз æмæ айхъуыса — кафын дæр зоны! Фæлæ æгæр сномдзыд и Муссæ. Уый чызгыл сдзура, æмæ ма фæстæмæ дæр фæ- кæса чызг! Марианæйы ма куы федтаид. Уæд та уыдоныл акæнид йæ фæндаг? Фæлæ кæд нæма ацыди сæхимæ? Æмæ уæд Таймæт дæр нæма ацыдаид. Иуварс ралæууыд, арвыл йæ цæст ахаста. — Замманайы æхсæв уыдзæн, лæппутæ, фæлæ уæ ах- сæв исты хъуыддаг кæй ис, уый развæлгъау афынæй кæ- нæд. Æз дæр цæуын, — стæй араст и. Мæзджыты фæзы дæллаг кæронæй стыр уынгмæ цы хид уыд, уымæ нæма ныххæццæ, афтæ йæм фæсте чидæр фæдзырдта: — Фæлæуу-ма, уо Исахан! Исахан æрлæууыд, фæстæмæ ракаст — уæртæ Мурцал. Гъæйттæй цæуы йæ фæстæ, фæлæ цыбыркъах лæппу у æмæ йын ницы æнтысы. — Цы мæ кæныс, Мурцал? — куы йæм æрбахæццæ и, уæд æй бафарста Исахан. Цыма йыл бустæ бакодта, афтæ рауади йæ фарст, æмæ ма йæ ноджыдæр афарста: — Ацыр- дæм цæуыс? — Ацырдæм нæ цæуын, — йæ разы æрлæууыди Мурцал, — мæнæ дæу онг цæуын, дæ фæдыл рацыдтæн мæнæ. Мурцал æрлæууыд, лæууыд Исахан дæр. — Ды нæм маст хæссыс, уый зонæм мах, дæ уазджыты дын ницы дзуаппимæ рарвыстам æмæ. Фæлæ хъуыддаг иууыл мах аххос ма кæн — дæхимæ дæр дзы дзæбæх хауы аххосæй. Зæгьгæ та йæ куыд кодгаиккам, нæ чызджы куыройгæсæн радгам, уый?! Æмæ ма нæ уый фæстæ исчи йæ фынгмæ бауагътаид! Мурцал фæлæууыд — æгæр бæгъгъæтт рауади йæ ны- хас. Уæд æрурæдтай лæппуйы æмæ уал æй истæмæйты афæрс, стæй ам уыдаид, лидзгæ никуыдæм кодта. Бакаст Исаханмæ — хионы худт æм бакæнид? Фæлæ йæм не ’рцыди худын æмæ нæ бахудти. — Ай дæ конд — конд, дæ уынд — уынд æмæ цы куыроймондаг фæдæ?! Цы ныккæс-ныккæс кæныс уыцы бындзытæм?! Уæртæ дæ иу ракафты йаргъ куы не сты бындзæй дæр æмæ куыройæ дæр. Афтæ рацу адæмы ’хсæнмæ æмæ дæ феной адæм. Хæргæ мыст дæр кæны, фæлæ уæддæр мыст у!
394 Хуыгаты Сергей Нæй, нæ рауади йæ ныхас, — цыма хылкъахæн кодта. Уæдæ ’мæ йæ балхынцъ кæна æмæ дзы фервæза! — Ацы ныхæстæ дын уымæн фæкодтон, æмæ уын, Ко- цоратæ, ныр фæндаг ис Тохонатæм. Исахан лæугæйæ баззад. Йæ лæджыгьæд сæм байхъуыст — йæ куырой ныууагъта, йæ бындзыты æмгæрон нал цæуы, æхсæв хæдзары нал бон кæны, æмæ бонрæфты йæ хæдон æмæ йæ хæлафæй къæмдзыг æмæ хæмпæлы сыфæй ницы фæзыны, афтæмæй уартæ Мæзджыты фæзы лæппутимæ тамако пъæртт кæны! Мурцал азылд, æвæццæгæн, йæ зæрды ацæуын уыд, æмæ ма æрдæгзылдæй бафтыдта йæ ныхасмæ: — Афтæ ’нхъæл ма у æмæ ацы ныхас мæхи номæй кæ- нын. Дæ кой нæм куы нæ уыдаид, уæд æз мæ бынаты бадын хорз зонын. Исахан та йæм уæддæр ницы сдзырдта æмæ ма афæсти- ат и Мурцал. Æмæ лæууыдысты — Исахан бæрзонд, æл- вæст. Мурцал — ныллæгдæр, фæлæ чысыл бæзджындæр Исаханæй. Гуырæй хорз уыди бæргæ, фæлæ уыцы цыбыр- къах кæцæй рахаста, куыд рахаста! — Æнхъæлмæ уæм кæсæм, уæдæ, — загъта ма иу хатт Мурцал, стæй бынтондæр азылд æмæ донбылты уæлæмæ ацыд. Исахан лæууыд æмæ Мурцалы фæстæ каст. Сæ уазджыты номыл сын уæларынг дæр нæ балæу- уыдысты, уазал къæбæртыл сæ æрбадын кодтой. Хъылцо кодта уыцы хабæрттæ мæстæлгъæдæй, Исинæйы æфсымæр. Се ’рвадæлты лæг, дам-иу фынг куы ныххоста тымбыл къу- хæй. Уæ цæсгом та, дам, куыд æрбахъæцыди, агъæца?! Цæуыл, дам, йæ зæрдæ дары, чи, дам, уæ рарвыста, уый?! Цал æхсæвы, дам, сбадти йæ бæхыл æмæ, дам, цал пайдайы æрхаста йæ хæдзармæ?! Цал æмбалы, дам, бакодта йæ фæ- дыл цæлгæнæнмæ?! Æмæ, дам, уын уæртæ мæзджыты фæзы куы никуы æрлæууыд йе ’мбæлттимæ! Æмæ цы нæ диссæгтæ калдта йæ хъæлæсæй! Уым, дам, йæ куыройы адæмы мæгуыр устыты бызгъуыр сомтæ куы æрбамбырд кæны, æмæ, дам, сæ йæ дзыппы куы атъыссы, уæд, дам, афтæ фенхъæлы, æвæццæгæн, ныр мæнæй лæгдæр нал и. Иу ус сау гогызты дзуг æрбацæйскъæрдта, хъæурæбы- нæй хиды комкоммæ цы уынг радаргъ и, ууыл æмæ сын
Тсерхон 395 цыдæртæ дзырдта, бустæ сын кодта, цыма гогызтæ нæ, фæлæ йæ файнустытæ уыдысты: — Гъомæ, уырдæм цæмæ бахæццæ вæййут, уырдæм, уартæ Уосиаты доныбылмæ? Стыр Хуыцау, ды лæгæн мацы кæн — уырдыгæй ардæм уыцы дзæбæх хизæнтæ. Адон — дугъ-дугъ æмæ та уыцы ран бамидæг вæййынц. Ус-иу йæ ныхæстæй куы фæлæууыд, уæд та-иу гогызтæ æмдзыхæй ныккодтой: — Хъуртт, хъуртт, хъуртт! — Хъуртт, хъуртт, нæ фæлæ уын макæ зæгъын. Кæн- нæуæд, абоныстæн, афтæ бакæндзынæн æмæ уæ фæдыл нал акæсдзынæн æмæ уæ æгъуым рувæстæ ныххæрдзысты. — Хъуртт, хъуртт, хъуртт! — Уый уын хъуртт, хъуртт æмæ æндæр исты. Гогызтæ Исаханы фæрсты ахызтысты. Ус æрæджиау ауыдта Исаханы, æрцæй йæм лæууыд, йæ къухы цы даргъ уис уыд, уый дæр æруагъта зæхмæ, фæлæ, æвæццæгæн, йæ лæудтытæ нæ фæцыдысты йæ зæрдæмæ — уæдæ цы ныллæууыд илцы-хай исæгау хидыхъус тæккæ дыууæизæ- растæу! — æмæ йæ иувæрсты афардæг. Исахан лæууыд æмæ йæ, ацæуа, уый нæ фæндыди æмæ дис кодта— куыд нæ йæ фæнды?! Ныронг-иу уынджы искæимæ куы æрлæууыди, уæддæр-иу уайтагъд йæхиуыл ахæц-ахæц байдыдта. Уæд æм ныр цы рауад! Кæд уыцы ныхæсты тыххæй, Бугъи йын цы ныхæстæ фæкодта, уыдо- ны тыххæй? Ам ын сæ фæкодта ’мæ. Доны фаллаг фарсæй иу хъуг æрбауасыд Исаханы ’рдæм. Уый фæстæ ранцад æмæ ралæгæрста доны. Йæ астæумæ куы ’рбахæццæ донæн, уæд æрлæууыд æмæ уырдыгæй райдыдта уасын — йæ сæрыл-иу схæцыд, йæ хурхы уадындзтæ куыд араст уой, афтæ, æмæ-иу хъæрæй ныууасыд. Даргъ-иу ауагъта йæ уаст, стæй та-иу йæ дынджыр сæр ныттылдта. Исахан æм сæццæ каст кодта. 4 Æмбисæхсæвæй ахызт, уæддæр ма Коцораты рухс æд- дæмæ бырста. Æмæ куыд нæ бырстаид рухс дæр æддæмæ — ахæм хорз хабар сæм æрхастой сæ уазджытæ!
396 Хуыгаты Сергей Исинæ сыл тайгæ^ ’мæ ’руайгæ кодта, сæхи къухæй хæ- рын сæ нæ уагъта. Йе’фсымæр нал акуымдта Исинæйæн, Хъылцо, мæнæн, дам, иухатт батъæпп кодтой цъыф мæ рихитыл Тохонатæ мæ, дам, мын æгъгъæд фæуæд. Æмæ уæд Берды арвыстой, сæхи æрвадæлты лæджы. Æмæ ны- хасæй нал æфсæсти Берд. Æнæуи афтæ дзураг нæу. Фæлæ иуæй сыкъадзæф уыд, иннæмæй сæ цыд афтæ хорз рауад, æмæ йæ уый разæнгард кодта кувынмæ дæр, дзурынмæ дæр. Нуазгæ дæр-иу акодта. — Нæ мысайнагмæ нын къухбакæнæнтæ агуырдтой, — йæ тæнæг былтæ тынг рацъупп кодта Берд, — уе ’хца, дам, фылдæрхъуаг у. Гæр, уый хуызæн амалджын лæппу, дам, у, æмæ, дам, афтау дæ мысаны æхцатæм! Æз дæр дын сыл ма скъæрццытæ кæнон. Фæлæуут-ма, зæгъын, æмæ, зæ- гъын, мысан хъæздыджы хос у?! Мысан, зæгъын, цы амоны æмæ цæй фæдыл вæййы, уый уæ рох фæци? Уæдæ, зæгъын, Хуыцауæн хъыг цы уа, уыцы ныхæстæ цæмæн кæнут! Æццæй, дæ дзæбæх фыдыстæн, афтæ сын нæ загътон? — Ердимæ акъул и Берд, йæ цонгмæ дæр ын бавнæлдта. — Загътай сын, куыд нæ сын загътай, — сразы и йемæ Ерди. — Æмæ ма сæ сыбыртт исчи скодта? — Нæ, ничиуал сæ ницы загъта. — Уæдæ ма исты загътаиккой, хуыцауыстæн, æз сын... фæлæ ницыуал загътой. Нæ къухтæ кæрæдзимæ радтам. Лæугæйæ фæйнæ банызтам æмæ сфидар кодтам нæ фи- дыд. Афтæ йæ сфидар кодтам æмæ дын æй куыд зæгъон. — Гъæ, уас уæ Хуыцау сараза, сыгьдæг Хуыцау! — хъæ- рæй загъта Исинæ. — Кæд ма махæй дæр змæлæг уа, уæд уын ацы хъуыддаг нæ зæрдыл дардзыстæм мах дæр. Берд йæ сæр разыйы æнкъуыст кодта. — Нæннæ, Токон, æмæ мах дæр мыггаг стæм, мыггаг. Коцорайы мыггаг æнæдæр нæу Тохонайы мыггагæй. Фæлæ чызгджын тыхджын у! Афтæ баззад фыдæлтæй æмæ мæ уый урæдта уæддæр. Æндæр, хуыцауыстæн... Ерди æмæ се’ннæ ’мбал Сурем фæлмæцыдысты. Берд-иу сыкъа куы райста, уæд-иу æм се ’ргæмттæ аздæхтой — бæркады кой йæм нæма и? Фæлæ та-иу Берд æндæр исты куввшыл ахæцыд. Исахан нæ бадын фæрæзта, нæ — лæууын. Истæй
Тæрхон 397 æфсæнтты-иу кæртмæ дæр ауад, уынгмæ дæр-иу ахызт, дуар-иу парахат айтыгъта. Афтæ байтындздзысты ацы дуар дæр, мæнæ стыр дуар дæр. Урс-урсид дарæсы æрбакæн- дзысты Таймæты, æмæ кæрт ныррухс уыдзæн йæ рухсæй... Æмæ-иу йæ цин йæ хъуырмæ схæццæ Исаханæн, афтæ- мæй-иу баздæхт хæдзармæ. — Æнæуи нын фынгыл æгæр дардтой нæ мысайнæгтæ, æмæ мæм уый хардзау æркаст. Æмæ сын æй сæ цæстмæ / бадардтон æз дæр. Нæннæ, мæнæй дæр ницы ирвæзы. Куыд у сын загътон, уый нал хъуыды кæныс? — Ердимæ та акъул/ и Берд, йæ цонгмæ дæр та йын бавнæлдта. / — Хъуыды йæ кæнын, куыд нæ йæ хъуыды кæнын! •& Ердийы дзурын нæ фæндыд, æмæ йæ ныхас бустæйы хуы- зæн рауад. / — Æмæ сын афтæ нæ хъуыди? — хъæрæй йæ бафарста Берд, стæй йæм бахатыд: — Зæгъ-ма йæ, зæгъ, кæдд;æра сын, цы хъуыди, уый нæ загътон! / — Загътай сын, ацы мысан, дам, ныр фынгæй айсут, æндæра, дам, афтæ зыны, цыма йыл æввæрсгæ нæ кæнут. — Хъæбæртæ раст сын загътон, нæ! — бацин кодта Берд. — Уæдæ мысайнаг у æмæ йæ фынгыл цы дарыс! Хæринаг нæу, ныуазинаг нæу, айс æй æмæ уа! Стæй йæ айстой, нæ? — Айстой йæ, уæдæ йæ цы кодтой? — Æниу ма йæ ма айстаиккой. Æз сын, хуыцауыстæн... Исаханитæ хицæн уаты уыдысты иу-цалдæр чызг æмæ лæппуимæ. Фынг дæр сын уыд. Бадгæ дæр ыл акодтой. Æцæг ыл Таймæт нæ бакуымдта бадын. Стæй сын хæлгæ дæр тагъд фæкодта сæ фынг. Лæппутæ ’мæ чызджытæй мидæгæй бирæ нал аззад — сæхи æддæмæ айстой, æмæ тыргътæй сæ хъæлдзæг ныхас хъуыст. / Таймæт æдзæмæй лæууыд. Мурцал Исаханы куы ’рба- кодта ардæм, уæд æй куыд лæугæ æрбайй^ефта, афтæ лæу- уыди ныр дæр — йæ иу къухæй сынтæд>гсы ныхыл хæцы- ди, иннæ йе ’мбуар æруагъта æмæ басабыр и къух. Йе’рф- гуытæ, цыма истæуыл бадис кодта, уыйау сæ бынæттæй фестъæлфыдысты, чысыл уæлдæр абадтысты æмæ уым аз- задысты. Йæ цæстытæ — йæ размæ зæхмæ арæзт. Æмæ-иу йæ тæнæг къабайы риутæ æддæмæ куы нæ рацæйцыдаик-
398 Хуыгаты Сергей кой æмæ та-иу мидæмæ куы нæ фæцæйздæхтаиккой, уæд ма улæфгæ кæны, уый дæр зын раиртасæн уыди. Иæхæдæг гуыбырæй бадт Исахан, зæрæдтæ куыд фæ- бадынц, афтæ — йæ къуырф æрмттæ йæ уæрджыты кæх- цытам æрхаста. Бадти æмæ тыхсти. Уæд та Марианæ куы уыдаид мидæгæй, фæлæ уый дæр рауай-бауайæн бахъуыд. Уæд дæ мадæй не сты, дæ фыдæй не сты, ныр де ’мбал чызг у, уый тыххæй хъуамæ иу ран мауал æрлæууай! Æмæ ма йæ хæстæг куы нæ уаид, Исаха- ны хæстæг, уæддæр — гъо! Иуафон сæм Мурцал фæмидæг и, цом, дам, хистæртæ, дам, дæ агурынц — хистæрты цурмæ йæ нæ фæндыди, никуыдæм æй фæндыди, уæддæр ын æхсызгон уыди уыцы ныхас: ацы гуыбырæй кæдмæ бадтаид! Сыстади, араст и Мурцалы фæдыл. Уым æм дурын радтой, иу рæгъ, дам, ракæн, афтæ, дам, вæййы. Берд уæлиау бадт, Исахан æй уынгæ дæр дзæбæх нæ кодта, æмæ йæм радзырдта уырдыгæй хъæрæй: — Тæу рæгъ-ма ныл раскъæр, ме ’фсымæр! Мæнæ Хуыцауы хæдзары бадæм æмæ кæрæдзийыл бацин кæнæм. Уыцы иу ныхас дзы фехъуыста, æндæр дзы нæдæр ныхас фехъуыста, нæдæр дзы уынгæ искæй фæкодта. Æддæмæ куы рацыди, йæ дурын ын куы айстой æмæ, уæд ма лæугæ дæр æркодта — йе ’мбæлттæ цы фесты Бердæн, сæ сыхæг- тæ Исахантæн, Ерди æмæ Сурем? Йæ цæст сыл куы нæ æрхæцыди! Йæ бынатмæ куы баздæхт æмæ та диваныл куы æрбадт, уæддæр цыдæр æнæнцой уыд. Уый фæстæ фынг куы райхæлди æмæ æддæмæ куы рацыдысты иннæ- тимæ Ерди æмæ Сурем дæр, уæд-иу бахудти, афтæ йæхи- цæн, йæхиуыл. Уæдæ уанцон дызæрдыг нæ уыди! Ныр дæр-иу сæм куы бакаст, уæд та-иу бахудт йæ мидбылты, æмæ-иу æм уыдон дæр бахудтысты, ома, цæуылнæ худай, ахæм чызг дæ дзы фæци! Кæркуасæнты сыстадысты уазджытæ, фæлæ та сын Исинæ сыкъатæ сæ къухты фæсагъта: — Ныр бон у æмæ боны дзуæрттæм бакувут, табу сын уа! Хорз бон æрцæудзæн махыл, стыр бон ныл æрцæудзæн! Æмæ та бакуывта Берд боныдзуæрттæм дæр. —’ Абонæй фæстæмæ ацы къуымтæ мах куыд сты, сы- мах дæр афтæ сты, ай, æмæ уæ мæнæ исчи нæ дуæртты
Тæрхон 399 фæцæуы æмæ нæм нæ фездæхти, мæ дзыхæй йæм нал сдзур- дзынæн, фæлæ йæ зонут. — Уымæй бузныг, Токон, уый хорз ныхас у, уый æв- зæр ныхас нæу. Фæлæ уæхи цæттæ кæнут. Дыууæ къуы- рийы дыууæ боны йеддæмæ нæу. Кæуылты агæпп кæн- дзысты, уый зонгæ дæр нæ бакæндзыстæм. Ай, райсом хуыцаубон, уый нал нымайæм, уый фæстæ иу хуыцаубон рауадздзыстæм æмæ иннæ хуыцаубон — нæ къæбæрдæт- тæн бон. Æмæ хъуамæ цæттæ уæм, къухбæттæн хæцъилы онг дæр нæ агурын куыд ницы хъæуа уыцы бон. Гъо, æмæ нын нæ разы кодтой, нæ — уый дын куы нæ дзырдтон. Дыууæ къуырийы, дам, цы у! Æмæ, дам, нæ хонджытæ æрвитын дæр нæ хъæуы! Фæлæ та сæ уым дæр æртасын кодтам. Афтæ сæ æртасын кодтам, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Æццæй, æвзæр сæ æртасын кодтам? — Ацы хатт кæй фар- ста Ерди æмæ Суремæй, уый не сбæрæг и æмæ йæм сæ ничи ницы сдзырдта. Æмæ та уæд йæхæдæг загъта Берд: — Кусæрттагæй уа, хойрагæй уа — алцæмæй дæр хъуамæ цæттæ уæм, алцæмæй. Мæнæ уазджытæ не сты, уыдонæй дæр хъуамæ алчи йæ бынат зона развæлгъау. Æмæ та ныггуыпп-гуыпп кодта Исаханы зæрдæ, кæрт- мæ ахизын дæр та йæ æрфæндыд — уым азилид, кæрты къуымты. Фæлæ уазджытæ цæуыны къахыл лæуд сты æмæ ма сæ афтæмæй куыд ныууадза, лæугæйæ! Æндæр дзы кæмдæр тамакотæ дæр ис — мæзджыты фæзæй-иу куы ’рбаздæхт, уæд-иу сæ уым баппæрста æмæ дзы иу сдымид, ахуыр, мыййаг, не сси тамакойыл, фæлæ афтæ æнæуи, йæ фырцинæй. Йæ фырхъалæй. Уынгмæ дæр та акæсид, дуар дæр та байтындзид. Æппынæрæджиау ацыдысты уазджытæ, мад йæ уатмæ бахызт, хо фынг æфснайыныл бафтыдта йæхи. Исахан тамакоты къопп ссардта, иу дзы сдымдта, æмæ фæздæг- калгæ рацу-бацу кодта кæрты къуымты. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Марианæ. Уæд æй, Мурцал йæ фæстæ цы нзæр рацыди мæзджыты фæзæй, уыцы изæр ам æрбай- йæфта. Йæ рæзтыл цыдæр зæронд къаба абаста æмæ хъуц- цытæ дыгъта Исинæйы бæсты. Исаханы куы федта, уæд худынмæ фæци — йæ кæл-кæлæй нал æнцад, стæй фæлæ- ууыд æмæ тагъд-тагъд адзырдта — æвæццæгæн, йæ худын бирæ бауромдзæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта:
400 Хуыгаты Сергей — Дзæбæх дæ куы æрлæууын кодта дæ уæрджытыл, — стæй йæ дуцынæй дæр фæлæууыд. — Тæрсгæ, дам, ын фæкодтон, кæд, дам, йæ уæрджытæ йæ быны фесты фыр- тæссæй. Гыццыл ма, дам, бахъæуа ма æрлæууон æмæ лæп- путæй искæмæ ма ацамонон — схæцут ыл. Уый, дам, дын ма ныззила! Æмæ, дам, адæмы хъæзтыты йæ зæвæттæ чи рафтыдта, уыдон куы нæ зонынц ахæм кæфтытæ, уæд, дам, сæ уый кæм базыдта?! — Куы-иу фæлæууыди йæ ху- дынæй, куы та-иу ныккæл-кæл кодта, афтæмæй дзырдта Марианæ. — Æмæ йын цы загътай?— æввахсдæр æм балæууыд Исахан. — Цы йын загътон! Цы каст æм фæкодтай, зæгъын, уый дæ ферох и! Æмæ ферра и уыцы фæкастæй, цы ми кодта, уый нал зыдта, æмæ, зæгъын, зилгæ дæр уымæн ныккодта. — Ды йын хорз загътай, — бахудти Исахан. — Стæй дын уый та цы загъта, цымæ? — Худти. Нæ фæлæ цы дзæбæх худы! Йе’рфыгыл йæ уæларм куы авæры худгæ-худын, уæд ма уымæй хуыздæр лæг цæмæ бакæсдзæн! Исахан æй худгæ никуы федта æмæ нæ зыдта, куыд худы, уый. Сыхæгты уасджытæ басабыр сты, фæлæ сæхи уасджы- тæн банцайæн нал уыди — æвæццæгæн, æмбæрстой хæ- дзары змæлд. Уынгмæ ахызт фæздæгкалгæ, уым сисгæрон фæхс бандоныл æрбадт — фыццаг хатт ыл æрбадт, уый æрцахста йæ хъуыды. Æнæуи йыл Исинæ фæбады сыхаг устытимæ. «Дыууæ къуырийы», — дзырдта æмæ дзырдта йæхимидæг Берды ныхæстæ. Дыууæ къуырийы фæстæ йæ йæ куыстытæм дæр æрæвдæлдзæн. Йæ куырой кæдæй нырмæ ауæзт у! Сисдзæни йын йæ ауазæн, æмæ ныззыр- рытт кæндзæни куыройы цалх, æрмæст йæ фæрчытæ ма схус уæт æмæ ма æрызгъæлæд, уыййеддæмæ. Æмæ йæм ныххиздзæн развæлгъау цалхмæ, чи суæгъд уа, уыдоны раивдзæн — фæрчытæ йæм бирæ ис. Иннæ ахæм уыцы бындзытæ — æнæркастæй сæфынц. Тæккæ дуцынафон нæлбындзытæ куы сарæх уой... Стæй, æнæуи дæр, бынд- зыты иугæндзон змæлдмæ ма ныккæс! Нæй, нæ фæрæзта бадын, сыстади, сисрæбынты иуыр-
Тсерхон 401 дæм азылди æмæ йæм иу фæнд фæзывди — цæй, æмæ абæ- рæг кæна куырой! Бацæудзæн æм, æдде йæм бакæстытæ кæн- дзæн æмæ раздæхдзæн фæстæмæ. Бацин кодта уыцы фæн- дыл, сындæггай араст, Ердиты кулдуары рæзты бахызт æмæ æрлæууыд: исчи йæ куы фена! Æмæ йæ куыд нæ фендзæн исчи, ай мæнæ бон куы у! Æмæ уæд цъиу-цъиу ацæудзæн ныхас, апырх уыдзæн хъæуыл, афтæ-афтæ æнæ йæ куырой нæ фæразы, æхсæв æм куырысмæдзæуæгау цалдæр цыды ба- кæны. Фæстæмæ раздæхти. Бандонмæ æрбахæццæ и, æрцæй та йыл бадт, фæлæ йыл нал æрбадти — ныр уынг базмæлдзæн æмæ йæ исчи куы фена ам бадгæ, уæд... Кæртмæ бахызт, мидæгæй рухс калд. Æвæццæгæн, Динæ нæма фæци æфс- найд. Цæхæрадонмæ ахызт æмæ къахвæндагыл араст дæлæ- мæ, дæлæ бынæй мыдыцъæрттæ кæм уыдысты, уыцырдæм — уыдонмæ уæддæр бакæса! Стæй Суадæттыæрхыл дæр ахæсса йæ цæст. Иухатт дзы иу изæр дон куы æвгæдта суадоны абу- зæнæй йæ бедратæм æмæ йæм уырдыгæй куы касти, мыды фæлгæт æд мыды фæзгъæртæ æмæ æд мыдыбындзытæ куыд систа, афтæмæй йæ къухы куы баззади. Уæд æй фыццаг хатт федта. Уæд æм куыд дард уыди Таймæт!.. Ныр дæр-иу цæудзæни Суадæттыæрхмæ. Фæлæ уыдо- нæй цæудзæни ныр, ныр уыдонмæ хæсдзæни дон, Исахан- тæм. Æмæ йæм йе ’мбонды сæрты ничиуал кæсдзæни. Ныр чындз уыдзæни. Æниу чындзытæм дæр фæкæсынц лæппу- тæ, ног чындзытæм. Афтæ сæм фæкæсынц, афтæ!.. Æмæ дон куы хæсса, уæд æм нæ кæсдзысты? Куыд нæ йæм кæсдзысты, уынгты-уынгты-иу куы сцæйхæсса дон... Фæ- лæуу, æмæ ныр мæнæ æмбонды акъæртт кæн дуар, ауыл- ты, цæхæрадæтты куыд хæсса дон, афтæ, уæд цы кæны? Фæлæуу, æмæ Таймæты тыххæй акъæртт кодта æмбонд, уый куы базоной лæппутæ, уæд ыл нæ худдзысты? Куын- нæ йыл худдзысты! Æмæ йæ, цымæ, нырмæ цæуылнæ къæртт кодта? Æмæ йын Исинæ та куыд никуы загъта, æнæуи дзы куы ницы ирвæзы. Æмæ йæ ныр цымæ раздæр куы акъæртт кæнид, уæд цы кæны, мæнæ йæ абон куы акъæртт кæнид, мæнæ ныр, уæд? Æмбондмæ ма иу каст бакодта æмæ раздæхти — йæ кусæнгæрзтæ æрхæсса, сбара йæ æмæ æрыхала æмбонд, — æмбонд йеддæмæ ницы у, хæдзары къул нæу, мыййаг! Мæнгагъуыстмæ бахызт, йæ уæлæдарæс раива, куыд 26 Хуыгаты Ссргсй
402 Хуыгаты Сергей загъта, афтæ æдде, уынгæй фæцыди машинæйы хъæр. Исахан æддæмæ ратагъд кодта. Уынджы бæрæг астæу цыдæрхуызон тигъмæ лæууыди милицæйы машинæ, йæ фæйнæ фарс — дыууæ милиционы. Исахан сын салам загъ- та, сæ къухтæ сын райста. — Коцораты Исахан ам цæры? — бафарста йæ, мили- ционтæй йæм хæстæгдæр чи лæууыд, уый. — Ам цæры. Æз дæн Исахан. Мидæмæ рацæут. — Мидæмæ нын нæ гæнæнтæ нæ амонынц, фæлæ, кæд ды дæ Коцораты Исахан, уæд дæ махимæ цæуын бахъæудзæн. — Кæдæм? — рог фарст акодта Исахан. — Кæцæй нæ рарвыстой, уырдæм, милицæмæ. — Цæмæ? — уæддæр æм ницыма бахъарыд. — Цæмæ, уый дын уым зæгъдзысты. — Кæм, милицæйы? — Милицæйы, уæдæ Гандзайы. Цыдæр æнахуыр фæрстытæ кæныс. — Æмæ цы хабар у? — фæстæмæ сæ хæдзармæ ракаст Исахан. — Æгæр бирæ нæ ма фæрс. Уымæн дæм не ’ссыдыстæм æмæ нæ рафæрс-бафæрс кæнай. Исахан та хæдзармæ ракаст. — Гъа, мауал ракæс-бакæс кæн. Хæдзары сын зæгъ æмæ цом. — Цы сын зæгъон? — Уый дæхæдæг зоныс. — Æппындæр ницы зонын. — Цом уæдæ, уым дын æй зæгъдзысты. — Гъемæ, цом. Машинæ куы фезмæлыд, уæд сæ гогыз каугæрон иунæгæй лæууыд. Йе’мбалы йын аргæвстой, ибон сæм Бигана æмæ Дзылыкъо цæхджын куырыфыд хæрынмæ куы ссыдысты, уæд. Исахан бахудт. Сихорафон сын бахостой сæ дуар. Нæ хай, дам, нæ цæхджын куырыфыды хай, дам. Исахан ныссагъæс кодта — куыд ма сæ аирвæза? Уæд- дæр сын сæ разы дуар байтыгъта. — Мидæмæ! Кæртмæ бахызтысты æмæ уым сæ разы æрлæууыд Иса- хан, йæ сæр бакъултæ кодта.
Тæрхон 403 — Цы фыдбылыз мыл сæмбæлд, уый куы зониккат — мыст дзы ныххауди. — Кæм? — йæ цæстытæ йæм схъулæттæ кодта Бигана. — Цæхгæры, цæхгæры. Цæхджын куырыфыд кæм уыд, уыцы цæхгæры. — Куыд дзы ныххауди?! — Исаханы раз хылгæнæджы лæуд æркодта Дзылыкъо. — Ныххауди дзы. Цæхæрадоны уæрм скъахтон æмæ уым афæлдæхтон æнæхъæн цæхгæры дзаг цæхджынфыд. — Гъей, мыст дарæг дæ куыд нал баззади! — йæ сæр ныттылдта Бигана. — Гæр æмæ йын йæ сæр кæдæм ныббыдитт кодтай! Мыст цæхджын фыдмæ куыд æмхиц у, уый нæ зоныс?! — йæ къухтæ йæм стылдта Дзылыкъо дæр. — Нæхимæ дæр ницы бахорд- тон, зæгъын, цæхджын куырыфыд хæрынмæ цæуын æмæ. — Цы æрцыд, уый æрцыд. Цæхджын куырыфыды бæсты — ногæргæвст гогызы фыд. — Кæм и? — Мæнæ! — сæ рæзты æрбацæйцыдысты сæ дыууæ гогызы. Æмæ дзы иу аргæвстой, иннæ баззад иунæгæй. «Искуы йын æмбал ссарын хъæуы, кæннæуæд тæригъæд у иунæ- гæй», — ахъуыды кодта Исахан, машинæ сæ тигъыл дæлæ- мæ куы фæзылди, уæд. 5 Тæрхон ын кодтой дыууæ къуырийы фæстæ, уыцы амондджын æхсæв сын Берд сæхи цы хуыцаубонмæ цæттæ кæнын кодта, уый къуырисæры. Тæрхонгæнæн бынат къуындæг уыд, адæм дзы нæ цыдысты, æмæ сæ чи тыргъы лæууыд, чи — æдде, кæрты. Тæрхоны хистæр, йæ сæр афонæй раздæр кæмæн фæ- халас, ахæм хæрзхуыз сылгоймаг, йæ тæнæг кофтæйы æдде цы зæлдаг уæнтылдарæн уыд, уый кæрæттыл æрбахæсты- тæ кодта йæ уæхсчыты сæрты æмæ бадзырдта Исаханмæ: — Коцорайы-фырт, тæрхон дын дæтты фæстаг ныхас зæгъыны бар. Исахан сыстад. — Цы зæгъон— нæ зонын.
404 Хуыгаты Сергей — Тæрхонæй цы курыс, уый зæгъ. — Тæрхонæй уый курын, æмæ ницыгæнæг дæн æмæ мæнæ ацы адæмæн зæгъæд, кæй ницыгæнæг дæн, уый. О, дзырдтон-иу мæзджыты фæзы, æппæлыдтæн-иу, гæды ныхæстæ-иу кодтон. Абон ам цы дыууæ дыгæрдыджы давды тыххæй бадын, уыдон ницы сты, — æз мæ гæды ныхæсты цы галтæ æмæ бæхтæ фæдавтон, уыдон иу колхозы скъæ- ты нæ бацæуиккой. Æмæ мын уæд уыдоны тыххæй — уыцы галтæ æмæ бæхты тыххæй — цæуылнæ тæрхон кæ- нут?! Цы уæлдай у?! Цæмæн мæ бахъуыд уыйбæрц гæды- ныхæстæ кæныны сæр? Уымæн, æмæ æнæнымад уыдтæн, æнæ рæгъыдзыд. Куыройы куыстон, мыдыбындзытæ дар- дтон, фосмæ зылдтæн, æмæ мæ ничи ницæуыл нымадта. Стæй сæ ныууагътон — куырой ныццауæзтон, мыдыцъæр- ттæн сæ сæртæ ныхгæдтон, фос мæ зæронд мад æмæ ме ’нахъом хойы æвджид ныууагътон... — Сбад, — загъта тæрхоны хистæр цыбырæй, стæй аз- дæхт, хъæстгæнæг кæм бадт, уыцырдæм. — Гуыссайы-фырт, цы агурыс тæрхонæй? Лæг гуыбырæй бадт, йæ цъæх нымæтхуд зонты хуызæн цъупп тыхт бакодта, йæ рахиз къухæй йын йæ кæроныл хæцыд æмæ дзы йæ галиу тъæпæн арм фæлмæн æрцæв- æрцæв кодта. Ныр йæхиуыл схæцыд, йæ астæу æххæст не сраст, афтæмæй бадзырдта тæрхонмæ: — Рæдыд æрцыди, куыд кæсын, афтæмæй, стыр рæ- дыд. Раст у ацы лæппу, æмæ уæ Хуыцауæй курæгау ку- рын: йæ хæдзармæ йæ ауадзут. — Сбад, — загъта уымæн дæр цыбырæй сылгоймаг, стæй, йæ фæйнæфарс цы ус æмæ лæг бадт, уыдонæн радыгай сæ хъусты цыдæр бадзырдта æмæ загъта хъæрæй: — Тæрхон йæхи хибар кæны уынаффæ рахæссынмæ. Сыстадысты æртæйæ дæр æмæ, сæ фæстæ цы нарæг дуар уыди, ууыл ахызтысты кæрæдзийы фæдыл. Уыцы бон ын, ахæстонмæ йæ куы нæма акодтой, уæд рад- той,Марианæ æмæ Таймæты феныны бар. Иу къаннæг ха- тæнмæ йæм бауагътой дыууæ чызджы. Марианæ йæ риуыл бахауд, куыдта, йæ уæхсчытæ хæрдмæ стъæлфыдысты.
Тсерхон 405 Таймæт уыцы гуырвидауцæй сæ фарсмæ лæууыд. Цæстытæ йыл дзæгъæлтæ кодтой. Æмæ йæ Марианæ куы суагъта, уæд æм йæ цæнгтæ бадардта Исахан. Таймæт ын йæ къухтæ æрæвæрдта йæ цæнгтыл æмæ æрлæууыд. — Æз мæ хъаст ахæсдзынæн, æз сраст уыдзынæн...— тагъд-тагъд дзырдта Исахан. — УымæН æмæ æз раст дæн æмæ раст лæджы, цасфæнды куы фæдарай зылынæй, уæддæр иу бон ма сраст уа, уый гæнæн нæй. Таймæт йæ къухтæ айста, Исаханы цæнгтæ афтидæй аззадысты. — Æмæ, куы сраст уа уыцы раст лæг, уæд цы?! Раст куы уа, фæлæ, дæхи загъдау, æнæнымад æмæ æнæрæгъыдзыд куы уа, уæд цы пайда у йæ раст? Раст бирæ вæййы, фæлæ æндæр ницы вæййы раст йеддæмæ, — чызгæн йæ цæстытæ базмæлыдысты, цыдæр мынæг мидбыл- худт ахъазыд йæ былты кæрæтты. — Мах дæм Марианæимæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Бафæраз, дыууæ азы бирæ нæу. — Куыд бафæразон, цæй тыххæй бафæразон?! — Æнæрæгъыдзыд кæй нæ дæ, уый равдисыны тых- хæй. Исаханæн йæ цæнгтæ æрхаудтой. Июль, 2000 аз
БÆРЗБЫЙНАГ ИЗÆРТÆ Радзырд /Г) æссихор рауарыд, фæлæ бирæ нæ ахаста — ^^ уайтагъд расыгъдæг арв. Æрмæст ма ныгуылæ- нырдыгæй аззади урс-урсид мигъы фæлм, мæнæ дзы цыма исчи нæуæгæхсад къуымбилтæ атæнæг кодта хурмæ, уый хуызæн. Уый фæстæ урс- урсид уадздзæгтыл фæхицæн уыцы фæлм, стæй уадздзæггæ сæхиуыл ахæцыдысты фæйнæрдæм æмæ сæ æнахуыр даргь уисгæндтæ рауад. Цыма уыгæрдæн фестад арвы цъæх, æмæ дзы цаддæр хосдзауы дæргъæй-дæргьмæ урс-урсид уистæ ных- хастой. Хур уæле нал уыди — уартæ иуварсæй касти уыцы уистæм, бынæй сыл æнахуыр сырх- сырхид арт схæцыд, уæле урс-урсид адардтой, æмæ сæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Æз сæм къухаууонæй кастæн. Уырысби æмæ Залдуз мæ цуры куыд æрбалæууыдысты, уый дæр нæ бафиппайдтон. Фæлæ мæм уæдмæ Уьфысби хъæрæй сдзырдта, куыд фæдзуры, афтæ: — Салам! — Салам, — загътон æз дæр. Иу каст Уырыс- бимæ бакодтон, иу каст — Залдузмæ. Уырысбийы къухы уыди æхсынæнты чъири. Йæ астæуккаг нæмгуытæ ма, æвæццæгæн, аф- тид уыдысты — Уырысби йын йæ кæройнæг- тыл æрзылд æмæ дзы урс-урсид тымбыл фæд акодта. Арвмæ кæсын, уый куы федтой, уæд уыдон дæр уырдæм аздæхтой сæ цæстæнгас. Уырысби
Еæузбыйнаг изæртæ 407 йе ’хсынын фæуагъта æмæ, цыма сусæгæй исты акодта йæ дзыхы, афтæ зынд. Залдуз йæ къух йе ’рфгуыты сæрмæ авæрдта, æмæ ферттывтой хурмæ йе ’рфгуытæ. Лæгъз, тынг лæгьз æрфгуытæ æмæ бæзджын, уæлæмæ ныхырдæм фæлдæхт. Афтæ зынд, цыма йæ къухызæрдæ иудадзыг хуылыдзæй дары æмæ та рæстæгæй-рæстæгмæ ауадзы йе ’рфгуытыл. Лæууыдыстæм, Мадзинæтты цыбыр уынджы кæрон цы къаннæг цъæх къуыбыр уыд, уый сæр. Уырысби, йæ дзыхы цы æхсынæнтæ уыд, уыдон ахсыд- та, йæ былтæй сын сæ цъæрттæ райста æмæ мæ бафарста: — Уалæ мигътæм кæсыс, уыгæрдæны уисты хуызæн чи адаргъ, уыцы мигътæм? — куы мæ бафарста, уæд йæ къух дæр сдардта мигътæм, æхсынæны чъирийыл хæцыд, афтæмæй. — Гъо. — Цæмæн? — Рæсугъд сты æмæ уымæн. Куы ничи сæм кæса, уæд сфыдуынд уыдзысты. Уырысби цыдæр æнарæхст зылд æркодта йæ мидбынаты, йе ’ргом ме ’рдæм куыд фæуа, афтæ. — Уæдæ рæсугъд чызгмæ дæр куы ничи кæса, уæд уый дæр сфыдуынд уыдзæн? — Уый дæр сфыдуынд уыдзæн. — Ницы сфыдуынд уыдзæн! Уæдæ афонмæ цæуылнæ сфыдуынд искæй рæсугъд чызг? — Æмæ куыд сфыдуынд уа?! Адæм иууылдæр уыдон- мæ куы кæсынц, рæсугъд чызджытæм. — Æмæ уымæн нæ фыдуынд кæнынц? — Уæдæ. — Уæдæ хорз, — æнæнхъæлæджы сразы и мемæ Уырысби. Хур куыд дæлæмæ цыд, афтæ мигътæ æндæргъуызæт- тæ кодтой. Уыцы уисгæндтæ æрбаиутæ сты æмæ цыма, афтид арвы цъæхы цæуыл фæхæцыдаиккой, уый сын нæ уыд æмæ быргæ æркодтой, уыйау сæ арвы кæронмæ бирæ нал бахъуыд, хуры сæ фæстæ ’мбæхстой. Æмæ уæд мигъ- ты фæсте æрдаргъ и урс-урсид хæрдгæ тын æмæ уартæ рагъы фæсчъылдыммæ анывæзта йæхи, цыма гауыз уыд æмæ йæ хуры раз айтыгъдæуыди. — Æз уал ацæуон, нæ, Биби? — дзуры Залдуз, æвæц-
408 Хуыгаты Сергей цæгæн æм хорз нæ кæсы уынджы лæууын. Ноджы æз дæр ам дæн — Мадзинæтты уазæг лæппу. — Мах дæр цæуæм. Æццæй, нæ цæуæм мах дæр, Га- был? — фæрсы мæ Уырысби. Ныр æхсынæнтæ æхсыны, фæлæ æнæуи дæр, цыма, йæ дзыхы исты вæййы, афтæ фæзыны, куы фæдзуры, уæд. Уæддæр фезмæлыд Залдуз, фæцæуы цыбыр æмæ уæз- зау къахдзæфтæй. Йæ фæдыл феггуырстыстæм мах дæр. — Æвæццæгæн арвмæ кæсын нæ уарзыс? — дзурын цæугæ-цæуын Залдузмæ. — Уæлæмæ кæсын зын у, — бахудæгау кодта Залдуз. Мæнмæ афтæ фæкаст цыдæр хъуыды ис йæ ныхасы, мæ цæсты кæронæй йæм бакастæн — исты ма куы зæгъид. Фæлæ ницуал загъта. Мæхæдæг ма йæ афæрсин истæмæй, куыд ахъуыды кодтон, афтæ Уырысби йæ цæуынæй фæ- лæууыд æмæ йæ æхсынæнты чъири ныддыввытт кодта. Атахти æхсынæнты чъири, уый йæ фæстæ каст. Чъири уæл- дæфы иуырдæм зилын байдыдта, уый куы федта, уæд йæхæдæг дæр йемæ райдыдта зилын æмæ, цалынмæ чъири уынджы дæллаг фарс лæнкауы, йæ фæстаг къулыл настæ хъазуатæй кæмæн схылдысты, уыцы хæдзары сæр абадт, уæдмæ бынтондæр акъæдз и иуырдæм. Чъири куы æрха- уд, уæддæр ма иу-цасдæр алæууыд афтæ къæдзæй, стæй сраст и, йæ дзыхæй сулæфыд æмæ мæ бафарста: — Æрдæбоны мигътыл æмдзæвгæ хъуыды кæндзынæ? — Нæ, нæ сыл хъуыды кæндзынæн. Уырысби «æм- дзæвгæ фыссын» нæ дзуры, «æмдзæвгæ хъуыды кæнын» дзуры æмæ æз дæр йемæ афтæ райдыдтон дзурын. — Æз сыл æрхъуыды кæнон? — Æрхъуыды кæн. — Уæдæ хорз. Сæ бинонтæ бавæййæгтæ уыдысты: Мадзинæтты лæг æмæ уыдоны лæг хæрзæмхæрæфырттæ уыдысты. Æмæ æнæуи дæр арæх цыдысты Уырысби æмæ Залдуз Мадзи- нæттæм. Фæлæ æз ам куы дæн, уæдæй фæстæмæ иу изæр дæр нал фесты æнæ æрбацæугæ. Ноджы цæргæ дæр æв- вахс кодтой — сæ цæхæрадæттæ æмарæн уыдысты. Æмæ худæг куыд нæ уыд — ардæм куы цыдысты, уæд æддæты цыдысты, уынгты, фæстæмæ куы здæхтысты, уæд та фæс- тæты, цæхæрадæтты цыдысты. Дыууæ цæхæрадоны астæу
Всербыйнаг изæртæ 409 æмбонд уыд æмæ-иу йæ сæрты ахызтысты. Цæргæ дæр рагæй нæ кодтой ацы хъæуы Уырысбитæ — дыууæ азы цыдæр. Уый размæ æндæр кæмдæр цардысты æмæ, ам хæдзар уæййаг куы фæци, уæд уым ауæй кодтой сæ хæ- дзар æмæ ам балхæдтой. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд мын Уырысби мæ дыс- мæ бавнæлдта. — Æрхъуыды кодтон. — Цы ’рхъуыды кодтай? — Æмдзæвгæ. Уалæ æрдæбоны мигътыл. Радзурон дын æй? Уæдæ кæс: Мигътæ адаргъ ысты уистау, Цыма сæ ныккарста Миста. Лдаргъ сты уым дæлæмæ, Мах сæм кастыстæм уæлæмæ. Уæд æнæуи æруадтæн Бæрзбынмæ, мæнæ, æхсгæ уад кæй фæхонынц, ахæм уадæй — абæрæг сæ кæнон. Ноджы Мадзинæйы хъæрзгæ хуыдтой. Сæрмæты та мысгæ æр- кодтон, ме ’мхæрæфырт Бæтæхъойы саусæр лæппуйы. Афтæ йæ æрæмысыдтæн, æмæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæу- уыд, уæд-иу хъæрзын райдыдтон, цыма мæ исты рысти, уый хуызæн. Мадзинæйы дзæбæхæй æрæййæфтон æмæ Сæрмæтыл цинтæ кæныныл фæдæн. Йæхæдæг дæр мæ уæрагæй нал хызт. Иу рæстæджы Мадзинæ, йемæ цы тъæ- пæн бандон рахаста агъуыстæй, ууыл мæ фарсмæ æрбадт бæласы бын æмæ ивазгæ ныхасæй райдыдта: — Æрцу-иу нæм, æрцу, æмæ-иу нын æхсызгон уа. Гъе- ныр гьæуый сывæллоны йеддæмæ ницы у æмæ ма йæм бакæс, кæддæра нæ сырæзти дæ цинæй. Мæн исты зæгъын хъуыд, фæлæ цы загътаин, уый нæ зыдтон æмæ Сæрмæтмæ кæсæг скодтон мæхи. — Гæр, уæдæ дыл дæ сывæллæттæ нæ кæуынц. Сабаты æрцу æмæ хуыцаубоны аздæх, — стæй цæхгæр фæурæдта йæ ныхас æмæ мæм йе ’ргом фездæхта, йæ цæстытæ цы- дæр ракæнон змæлд бакодтой сæхимидæг. — Фæлæуу-ма, фæлæуу. Дæ улæфты мæй та кæдмæ куры? Æз фæтарстæн Мадзинæйы ныхасæй: цæмæн æй бахъуыди мæ улæфты мæй! Æз ыл уыцы æмдзæвгæты тыххæй куы ауæрдын — нырма сыл цас кусын хъæуы! Афтæмæй сæ
410 Хуыгаты Сергей хъуамæ ног азы къæсæрыл бахæссон мыхуыры уадзынмæ. Афтæ ныхас стæм. — Цæмæн мæ фæрсыс мæ улæфты мæйæ? — Зæгъ уал æй, стæй базондзынæ, цæмæн дæ дзы фæр- сын, уый. — Райсдзынæн æй мæнæ фæстæдæр. Уым мын цыдæр кусинаг и. — Æмæ дын цы кусинаг и? Гъæуыцы къуым дын у æмæ дын авгау цæхæртæ куы калы. — Ахæм кусинаг дын нæ зæгъын. — Уæдæ мын цы хуызæн кусинаг зæгъыс? — нал лæу- уыд Мадзинæ. — Цыдæр фыссинæгтæ мын и æмæ дын уыдонæй зæгъын. — Æмæ цымæ ныр уыцы фыссинæгтæн ам нæй фыс- сæн? — тынг зæрдиагæй бафарста Мадзинæ æмæ мæм ком- коммæ касти. Æз хъуыдытыл фæдæн, уый куы федта, уæд мæм йæ цæсгом æрбаввахс кодта. — Ардæм ма сæ æрхæсс, ардæм. Чи дæ хъыгдары? Чындз æмæ лæппу сты, райсом ацæуынц сæ куыстмæ æмæ изæры æрцæуынц. Бон-изæр- мæ уыйбæрц дæр куы фыссис. Изæры та-иу дæхи аир- хæфсдзынæ махимæ. Фестадтæн, Сæрмæты хæрдмæ сæппæрстон, рацахстон æй æмæ йæм дзурын хæрдмæ: — Æццæй, Сæрмæтыхъо?! Æрцæуон ардæм, фæндыдæ? — Фæнды! — загъта Сæрмæт æмæ йæ къæхтæ батылд- та. Уый амыдта: сæппар та мæ! Æмæ та йæ сæппæрстон æмæ алыг: цæуын райсом, курдиат бадæттон, мæ гæххæт- тытæ рамбырд кæнон æмæ — ардæм. Æнæхъæн мæй ам, Бæрзбыны, ацы сабыр хæдзары! Цы изæр æрыздæхтæн, уыцы изæр Уырысбийы ам æрæййæфтон. Æвæццæгæн ын Мадзинæ аппæлыд, чи сæм æрцæудзæн горæтæй, цæмæ сæм æрцæудзæн, уыдæттæ. Дардæй мæм йæ къух радтынæввонгæй æрбахаста, стæй мын, лæг йæ хуыздæр зæгъинаг куыд æхсызгонæй фæ- зæгъы,,афтæ загъта хъæрæй: — Æз дæр фæхъуыды кæнын æмдзæвгæтæ. Æз бамбæрыстон — бынтон йæхи уагыл нæу лæппу, уæддæр мæ цымыдис бамбæхсын нæ баци мæ бон: — Куыд фæхъуыды кæныс, ома? — Дзæбæх — загъта æнæмæт лæджы хъæлæсæй уый.
Бсербыйнаг изæртæ 411 — Дыууæ уал æрхъуыды кæнын. Стæй та уый фæстæ но- гæй æрхъуыды кæнын дыууæ. — Дыууæ цæмæй зæгъыс? — Мæнæ, кæрæдзийы фарсмæ кæй ныффыссынц, цы- дæр куы хуыйнынц. — Рæнхъытæ? — Гъо-гъо! — Кæсгæ дæр фæкæныс æмдзæвгæтæ? — Фæкæнын. — Скъола фæдæ? — Нæгъ. Хъуамæ йæ фæуыдаин, фæлæ йæ нæ фæдæн. Æхсæз къласы æмæ дзы æрдæг фæдæн. Дзургæ-дзурын цæуылдæр æрæнкъард æмæ йæ ницæ- мæйуал бафарстон. Уæд Залдуз йемæ нæ уыд уыцы изæр. Залдуз дыккаг изæр æрбацыд йемæ. Æрæджиаугомау æрбацыдысты, изæр- милты, æмæ йыл мæ цæст дзæбæх не ’рхæцыд. Ноджы ма æз уазæг уыдтæн, æмæ мыл æгæр æртымбыл сты. Фæлæ Уырысбийы æнæ баф^шпайгæ нæ уыд: æнахуыр тымбыл цæсгом. Æмдымбыл. Йæ цæстытæ — æддиау, æмæ-иу сыл уæлтъыфæлттæ сæхи куы æруагътой, уæд цыма сæ мидæг дзæбæх нæ цыдысты, афтæ зынди. Æнæуи дæр — тым- былгомау, кæд æгæр фæхæрзхуыз. Йе ’фцæг дæр — цы- быр. Уæд бафиппайдтон, уыцы изæр — лæууын дæр æн- цон уыд йемæ æмæ дзурын дæр, лæг дзы нæ фæлмæцыд. Æмæ мæхи фарстон: æрдзæй сахъат чи рацæуы, уый зæр- дæйæ сыгъдæгдæр цæмæн вæййы? Æвæццæгæн ын йæ мæгуыр уымæй баххæст кæнынмæ фæхъавы æрдз. Уæдæ йын æй цæмæй баххæст кæна хуыздæр! Йæ ном ын æххæ- стæй ничи дзырдта — уыцы изæр æй базыдтон. Мадзинæ æмæ йæ Бæтæхъо Уырыс хуыдтой. Залдуз æмæ Данæ, Бæтæхъойы бинойнаг — Биби. Сæрмæт та — Би, хæрз цыбырæй. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд Мадзинæ та цæхæра- донæй æрбацыд. Залдузы ацагуырдта цæстæнгасæй, куы йыл фæхæст, уæд æм бадзырдта: — Цу-ма, мæ цæст ахæрай, уæртæ мын мæ хъæдуртæ авзар. — Стæй, йæ раздарæны цы хъуыдыдытæ уыд, уыдон пецы фæстæ тæрхæгыл æркалдта. Уый нын фæтк фæци — фæсахсæвæр хъуыдыдытæ кæнæ
412 Хуыгаты Сергей картофтæ фыцын, æмæ-иу сæ развæлгъау æрцæттæ кодта Мадзинæ. Мах-иу пецы фарсмæ бадтыстæм æмæ-иу ныхæстæ кодтам. Афтæ алы изæр дæр. Ноджы мах иу хъазтыл фæцалх стæм, æз æмæ Уырысби. Рæнхъытæй хъазыныл, рифмæджын рæнхъытæй. Уырысби йæ рифмæтæй хъазт хуыдта. Бирæ уарзта уыцы дзырд — рифмæ. Бæтæхъоитæ-иу уæдмæ нал бадтысты. Мадзинæ-иу йæ митыл архайдта æмæ-иу мах æр- тæйæ баззадыстæм. Хъазт цыренгæнæг Уырысби уыд, стæй йын, куыд фæзæгъынц, бындур дæр йæхæдæг æрæвæрдта. Иу изæр — уый куы ’рцыдтæн, уый хæдуæлвæд уыд — нæ арт куы ахуыссыд æмæ нæ хъуыдыдытæ æрдæгфыхæй куы хордтам, уæд дын æнæнхъæлæджы куы скъæрцц кæнид: Ахуыссыд бынтондæр н’ арт, — Сугсæттæн у пецнæ дард. Уыцы изæрæй фæстæмæ райдыдта уыцы хъазт — ома, рифмæджын рæнхъытæй. Æнахуыр хъазт уыди, æфсис кæмæй нæ зыдтам, ахæм. Æмæ-иу нæ Мадзинæ куы уагътаид, уæд-иу бонмæ дæр нæ фæуыдаиккам. Ныр агъуысты иннæ кæрон Мадзинæ æфсæйнаг пецы дзултæ фыхта æмæ нæм хъарм дзулы тæф æрбабырста, йæхимæ нæ аздæхта, нæ хъазт ферхæц-ферхæц райдыдта. Ноджы мах пецы арт нæма уыди, æмæ афтæмæй куыд нæ хъуамæ æрбабырстаид дзулы тæф дæр. — Дæлæ ма мын сугтæ æрбадав, о Уырыс, мæ арт фæ- хуыссы æмæ мæ дзул хомæй баззайдзæн, — æрбадзырдта Мадзинæ. Уырысби æвæндонæй сыстад æмæ, куыд фæ- цæуы, афтæ схæцсхæцгæнгæ араст и сугсæттæнмæ. Залдуз тæрхæгыл бадт, мах пецы фæстæ цы тæрхæг уыд, ууыл, тæбæгъ йæ уæрджытыл æвæрд æмæ йын цъæх хъæдуры кæрддзæмтæ æхсæста йæ мидæг. — Фæкæсон дæм, Залдуз? — æцæг æрфæндыд мæн дæр хъæдуртæ æхсæдын. — Æмæ мын куы фесты. — Кæд дын фесты, уæд сæ ахс æмæ сæ мæнæ уæларт авæр, — æрбадзырдта йæм Мадзинæ, цыма рагæй дæр, æз Заддузмæ кæд сдзурдзынæн æмæ мын Залдуз, хъæдуртæ æв- зæрст фесты, кæд зæгъдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст. Залдуз фестад, тæбæгъ далæ кæрты дæллаг кæрон дон- дзæуæны бын авæрдта æмæ йæм дон рауагъта. Стæй ныг-
Всербыйнаг изæртæ 413 гуыбыр кодтатæбæгъмæ. Куыддæр ныггуыбыр кодта, афтæ йæ дзыкку фæсонтæй фæбырыд, уæхсчы сæрты рахауд æмæ дæлæмæ æрдаргъ, цыма тæбæгъмæ нывналынмæ хъавыд уый дæр. Залдуз æй рацахста æмæ йæ фæстæмæ йæ фæ- сонтæм сæппæрста. Фæлæ йын æгæр æппæрст фæци, æвæц- цæгæн — дзыкку фаллаг уæхсчы сæрты ахауд æмæ та æр- даргъ и дæлæмæ. Чызг æм нал февнæлдта æмæ уæд æмыз- мæлд кæнын райдыдта дзыкку дæр. Æз æм кастæн. Æмæ чи нæ бакастаид уыцы æмбисонды хъæууон нывмæ! Уæдмæ Уырысби æрбаздæхт сугсæттæнæй, пецы раз æркалдта хъæбысы дзаг сугтæ. Мадзинæ хъæрæй загъта, ома, сæ алкæмæ дæр фехъуыса мæ ныхас: — Ныр уын, цымæ хæндыгæй хъæбæр цыхт куы фелва- син, уæд мын мæ хъарм дзултæй нæ ахæриккат цыхтимæ? — Ахæриккам, ахæриккам! — фæстæмæ йæм æнæвдæлон дзырд акодта Уырысби. Æрбахæццæ и æмæ уайтагъд йæ бынаты абадт. Стæй нын чысыл фæстæдæр Залдуз нæ разы авæрдта Мадзинæтты гыццыл фынг, йæ уæлæ хъарм дзул — хæрдмæ фæцыд гуыдыны хуызæн — æмæ хæндыджы цыхт — йæ хæндыджы ад мидæмæ бырста улæфæнтыл. Мах хордтам. Æз æмæ Уырысби, нæ бынæтты бадтыстæм, афтæмæй. Залдуз та цæджындзыл йæ фæсонтæ бауагъта, йæ иу къухы дзулы карст уыди, йе ’ннæ къухы — цыхты къæртт. Иу изæр та нæ тьæпæн пецы фарсмæ куыд бадтыстæм æмæ пецы дзулфыцæнæй фых картофты тæф æддæмæ хъарын куы райдыдга, уæд Мадзинæ йæ гуымбылмæ ныккаст æмæ батыхст. — Хуыцау мæ федта — мæ гуымбыл нæ ахсы! Уырысби цыма абондæргъы йæ дæлæвзаг æвæрдæй дардта уыцы цалдæр дзырды, уыйау ма фæцырд уа: Ксед зынæхссенсей у у* ахссен. Куыд фестадтæн, уый не ’рхъуыды кодтон, фæстæмæ куыд абадтæн — уый дæр. Уæдæ хæйрæг фесты ацы Уырысби, ам куы ’рбады, ацы ныллæг пецы фарсмæ уæд?! Æви æнæуи дæр хæйрæг у?! Ау, Уырысби нал вæййы, æхсынæнтæ бирæ чи уарзы æмæ уынгты æхсынгæ чи æр- бацæйцæуы Залдузы фæрсты. Залдузæй гыццыл фæсте чи аззайы, уый нал вæййы, уыцы Уырысби! Кæсгæйæ йæм баззадтæн, æрæджиау ма сфæрæзтон:
414 Хуыгаты Сергей — Ай диссæгтæ куы фæдæ! Уый афтæ фенхъæлдта, æвæццæгæн, æмæ æз дæр рæнхъ загътон, йæ къухтæй йæ цæстытæ амбæрзта — ахæм æгъдау æм рахатыдтон: хъуыды кæныны сæр æй бахъуыд, уæд хъуамæ йæ къухтæй йæ цæстытæ амбæрзтаид æмæ æнæз- мæлгæйæ абадтаид. Афтæ цъус абадт, хæрз цъус, стæй ма срæцугъа: Бæрæг уыдзæн мæ фæдæй, Уæ-да-дæй ’мæ дæ-дæ-дæй! Уый ты дын — уый! Кæд дзы тæрсын нæ байдыдтон цæмæйдæр. Комкоммæ йæм нал кастæн — мæ зæрдæ мæ нал хаста. Фæлæ йæм æнæ кæсгæ дæр нæ лæууыдтæн æмæ тыхстæн мæхимидæг. Уæдæ йæм кæцæй æрцыдысты уыцы рæнхъытæ, уыцы уæззау, уыцы æнкъард рæнхъытæ! Уымæй дæр — дыууæ. Æмæ мын кæд мæ ныхас рæнхъ фенхъæлдта, уæд иу дæр фаг уыд, иу рæнхъ дæр. Фæлæ Уырысби дыгай рæнхъытæ хъуыды кæныныл ахуыр уыди. Æмæ цымæ йæхæдæг æмбæрста, æнкъард кæй уыдысты уыцы рæнхъытæ, уæззау кæй уыдысты, уый? Зæгъгæ сæ афтæ æнкъардæй нæ кодта. Кæд гуыргæ дæр йæ зæрдæйы нæ ракодтой?.. Кæд кæцæйдæр цæттæйæ абадтысты йе- ’взагыл?.. Уæдæ йæхи зæрдæйы куы равзæрдаиккой, уæд йæ цæсгомыл сæ фæд нæ баззадаид? Уæд афтæ æмдым- был æмæ афтæ худæндзаст уаид йæ цæсгом? Бадтæн æмæ хъуыдытæ кодтон. Хъуыды кæнын æппындæр нæ фæрæз- тон, афтæмæй. Фæсахсæвæр сæхимæ куы фæцæйцыдысты, æз сæ цæ- хæрадонмæ куы ахизын кодтон æмæ, уым цæхæрадоны дуары сæрмæ цы къаннæг цырагъ уыд, уый куы ссыгътон, уæд мæм фездæхт Уырысби. — Райсом дæр хъаздзыстæм? — Цæмæй? — йæ ныхас ын нæ бамбæрстон æз. — Рифмæтæй. — Уæдæ цы кæндзыстæм! — Уæдæ хорз, — бацин кодта æмæ схæцсхæцгæнгæ фæраст и, цæхæрадоны цы нарæг фæндаг и, ууыл. Залдуз ма гыццыл афæстиат и мæ цуры, иу ныхас зæгъынмæ цас афæстиат вæййынц, уый бæрц, стæй уый дæр бауади Уырысбийы фæстæ. Æз йæ фæдыл кастæн, цалынмæ йæ
Всербыйнаг изæртæ 415 азвзæрстон, уæдмæ, стæй рухс ахуыссын кодтон æмæ фæ- стæмæ мидæмæ æрбахызтæн. Æмæ мæм мидæгæй афтæ фæзынд, цыма мæ æмбонды онг йемæ бацæуын хъуыд, мæ цуры ма куы афæстиат и, уæд. Ацу йемæ ныхæстæгæнгæ æмæ уа! Æмбондмæ йæ бахæццæ кæн, æмбондыл куыд бахиздзæн, уымæ бакæс æмæ фæстæмæ раздæх. Нæ, фæлæ мæм афтæ цæмæн кæсы — фыццаг хатт æй куы федтон, уæдæй нырмæ мæм кæсы афтæ — цыма йын йæ ном æгæр стыр у, мæнæ лæгæн йæ хæдон куыд уа æгæр стыр, афтæ. Æгæр уæззау ын цыма у уыцы ном. Цыма йыл æндæр ном æвæрын хъуыди, къаддæр æмæ рæуæгдæр ном. Æмæ, дам, ном фæстæмæ фæкæсыны тыххæй у — нæу! Уый гæдыныхас у, ном фæстæмæ фæкæсыны тых- хæй нæу æппындæр, ном æндæр цæйдæр тыххæй у; бын- тон цæйдæр тыххæй. Ном ном кæныны тыххæй у, æмæ адæймагыл хъуамæ йæ ном æдде æппæрстæй ма баззайа йæ уæлæфтауы хуызæн — хъуамæ йæ удыгъæдыл баныхæса. Хъуамæ йын æххуыс уа йæ ном. Хъуамæ йын фæндагамо- нæг уа æмæ йе ’нцой лæууа хъуамæ. Æмæ фæстæмæ фæ- кæсыны тыххæй нæу. Бола Бола кæй сси, афтæ уæйыг уымæн рауад чи зоны, æмæ йыл йæ фыццаг ном куы баззадаид — Темырболат — уæд зынгæ дæр никуыцæй ракодтаид. Кæнæ — Къоста! Зæххыл цыдæриддæр ном ис — æрæмбырд сæ кæн, иу дæр ын дзы не сбæздзæн, лæгæн йæхи аккаг чи нæу, уыцы худтæй йын куыд никæцы сбæзза, афтæ. Æрмæст ын уыцы ном бæззы, йæхи ном, цыма йæ йæ мады гуыбынæй йемæ рахаста. Æмæ æрмæст фæстæмæ фæкæсыны тыххæй нæу ном. Æмæ-иу Залдузы номмæ гæсгæ бафтыдтæн уыцы хъуы- дытыл. Иу изæр Бæтæхъоитæ куыстæй нæма æрцыдысты, афтæ Уырысбийы Мадзинæ цæхæрадонмæ акодта, бæлæсты бын, дам, згъæллæггаг дыргътæ рауидзæм стурты æрцыдмæ. Мах кæрты æртæйæ баззадыстæм: Залдуз, Сæрмæт æмæ æз. Залдуз кæрт марзта — фыццаг-иу цайданæй зæххыл цых- цырæггæнгæ арацу-бацу кодта æмæ-иу, кæрæдзийыл чи сыздыхст æмæ сæлхынцъытæ, ахæм фæдтæ аззади йæ фæстæ, стæй-иу сыл хъæдын хæмпус уисой рауагъта. Æз кастæн Залдузмæ нывмæ кæсæгау, нывты равдыст-
416 Хуыгаты Сергей мæ куы бацæуай, æмæ уыйæппæт нывты ’хсæн иу ныв куыд равзарай æмæ уымæ куыд кæсай, афтæ. Фæлæ мæ Сæр- мæт дзæбæх кæсын нæ уагъта — йæ чысыл къухæй-иу мын мæ роцъомæ сæвнæлдта, стæй-иу рог цъæм-цъæм акодта, исты зæгъыны размæ куыд фæкæны, афтæ æмæ та-иу мæм сдзырдта уæлæмæ: — Аргъау мын ракæн. Бæрзбынмæ куы æрцыдтæн, уæдæй нырмæ мæ фыццаг хатт æрфæндыд, куы ’ргæпп кæнид мæ хъæбысæй æмæ цæхæрадонмæ Мадзинæмæ куы азгъорид. Фæлæ нæй, нæ гæпп кодта Сæрмæт. Æз дæр ын нæ кодтон аргъау. Бирæ фæкастæн Залдузмæ, стæй йæм бадзырдтон — æвæццæ- гæн, æнæрхъуыдыйæ: — Ныр дын дæ ном æгæр уæззау нæу, Залдуз? Чызг раст алæууыд, уисой дæр раст авæрдта йæ разы. — Æгæр уæззау? — О, æгæр уæззау. Цыбырдæр куы уаид дæ ном, рæуæгдæр, уæд хуыздæр нæ уаид? — бахудтæн æз, æндæр гæнæн мын нал уыди. Уый дæр бахудт. Хъазын æнхъæл мын уыд, æвæццæ- гæн. Йæ цæсгом истæмæ тæхудыгæнæджы змæлд бакодта. — Бæргæ, куы мæ уаид иу цыбыр ном, иу фæсарæйнаг ном. Уыдон рæуæгдæр сты, фæсарæйнаг нæмттæ. — Стæй йæ цæсгом фенкъарддæр. — Мах нæмттæ уæззау сты. Афтæ загъта, стæй къранты бынæй цайдан райста æмæ та къæдз-мæдзы фæдтæгæнгæ арацу-бацу кодта, кæртæй ма æнæ марзтæй цы гæппæл баззад, ууыл. Кæд æцæг афтæ у, хъуыды кодтон æз, кæд æцæг уæз- зау сты ирон нæмттæ? Кæд сæ æвæргæ дæр уымæн ничи- уал кæны æмæ уæззау сты? Ссæдз ирон лæджы райс, æмæ сæ кæд ирон ном иуыл разына, уæд хорз. Нæ сылыстæгыл та бынтон нал и ирон ном. Ныр, кæд ном æцæг исты бар дары удмæ, кæд лæггæнæг у ном, уæд ирон ном кæуыл нæй, уый нæ фендæргъуызон и? Уыцы адæймаг ма ирон уа, сыгъдæг ирон? Æмæ уæд афтæмæй куыд уыдзыстæм?! Диссаг нæу — дæхи ном аппарай, дæ фидар, дæ сыгъдæг ном æмæ искæй æрмыдул, ихсыд ном сæвæрай дæ ног- гуырдыл?! Мæнæ дæ болат фат куыд аппарай, стæй фæн- дагæй искæй згæ фат куыд сисай æмæ уыимæ куыд ацæ- уай хæстмæ.
Вæрбыйнаг изæртæ 417 Æмæ йæ Залдуз зæрдæаивæй загъта, афтæ, мæ ныхас- мæ исты зæгъын хъуыд æмæ уый тыххæй — уæдæ уанцон нæу, уæд бынтон диссаг куы фесты хойæ-æфсымæрæй! Фæлæ йæ цымæ бынтон зæрдаивæй загъта? Чи зоны, ис- кæмæй фехъуыста, мах нæмттæ уæззау кæй сты, уый æмæ йæ йæ зæрдыл бадардта. Исты ма куы зæгъид, бæргæ, уæд бæрæг уаид. Фæлæ ма исты зæгъа уыцы мадзурайæ. Уæд та йæ мæхæдæг афæрсин истæмæй? Ома, æмæ ныр цымæ ирон нæмттæ се ’ппæт иугъуызон уæззау сты? Ахæм истæ- мæй, гъе. Æмæ йæ афарстаин, æвæццæгæн, Уырысби мæ разы куы нæ алæууыдаид, уæд. — Хъазæм? — Хъазæм. Уырысби йæ къухы цы бедра уыд, уый къулгæрон æрæ- вæрдта æмæ йæ быиаты сбадт. Æз дæр Сæрмæты зæхмæ æрæргъæвтон æмæ æз дæр сбадтæн мæ бынаты. Уæдмæ Мадзинæ дæр æрбауад цæхæрадонæй æмæ Залдузмæ бадзырдта: — Уый уал уадз, дæ сæрыл мæ æрхæссай æмæ мæнæ цæхæратæ ахс. Цæхæраджынтæ скæнæм, æндæра æхсæ- вæрыл цы бахæрдзыстæм. Уырысби йæ æрмттæ кæрæдзийыл адау-адау кæны — нал лæууы, лæг исты æхсызгон хъуыддагмæ куыд нал фæлæууы, афтæ. — Цæй æмæ ацы хатт афтæ ахъазæм: фыццаг чи хъуыды кæна, уый кæронæй æвæрæд лæджы ном, нæ? Стæй иннæ чи хъуыды кæна — цытæ хуыйнынц? — Рæнхъытæ. — Гъо-гъо. Иннæ куы хъуыды кæна, уæд уыцы лæджы номæн æрхъуыды кæндзæн рифмæ. Хорз? — Хорз, — сразы дæн æз, фæлæ дзæбæх нæ бамбæрстон, куыд хъаздзыстæм, уый. — Уæдæ хорз. Ды райдай. — Рæнхъы фæстæ лæджы ном куыд уа, афтæ, нæ? — Æз ахъуыды кодтон. Иу дзæбæх ирон ном уал куы уаид — ам ирон ном хъæуы, уæдæ дзы цы хъæуы!^ Уырысби фестад æмæ фæстæмæ абадт. Йæ къухтæ дæр та адаудта кæрæдзийыл. Зилын нæмтты ’хсæн, фæлæ дзы ирон номыл нæ хæст кæнын. Диссаг нæу, стыр диссаг, ирон лæг уай æмæ дыл 27 Хуыгаты Ссргсй
418 Хуыгаты Сергей ирон ном ма уа! Æндæр кæцондæр номимæ тонай дæ царды бонтæ! Стæй дыл кæд уыцы ном сфидыдта, æрбадти дыл уыцы кæцондæр ном, дæ удимæ баиу и, уæд дæхæдæг дæр æндæр кæцондæр сдæ. Афтæ цæуы ме ’рдæбоны нымадмæ гæсгæ. Уæдæ уæд ирон адæмæн сæ фылдæр ирæттæ нал сты, сыгъдæг ирæттæ. Уыцы сагъæс мæм афтæ бахъардта, æмæ мæ зонд фæхæццæ уа, уымæ мæ бирæ нал хъуыди. Хорз уыд, æмæ мæм Уырысби сдзырдта — цыдæр фæдисы дзырд: — Мæхæдæг, мæхæдæг! — стæй æппындæр нæ ахъуыды кодта, йæ къухтæ дæр не схаста йæ цæстытæм, афтæмæй загьта: 'Рцахста сæ нæл бабыз Самты Мырзæ. Мæ хъуыды уыйырдæм фездæхт, Уырысбийы ’рдæм, æвæццæгæн, раздæр æрхъуыды кодта уыцы рæнхъ, цæттæ йын уыд æмæ, хъазыныл куы ’рбадтыстæм, уæд дзы айрох, цæттæ йын кæй уыди, уый. Æмæ йæ ныр фæхъуыды кодта. Чи зоны, йæ йæ бабыз расурбасургæнгæ дæр федта уыцы Самты Мырзæйы. Æз дæр уымæй райдыдтон, уыцы рæнхъæй, стæй йыл мæхи рæнхъ дæр бафтыдтон: 'Рцахста ссе нæл бабыз Самты Мырзæ. А Мырзæ бабызæй скодта лывзæ. — Уа-уа-уа! — хъæрæй худти Уырысби, хæрдмæ схъи- удта йæ бандоныл. Æз дæр-иу бахудтæн — уадз æмæ фыл- дæр фæхуда Уырысби. Куы-иу схудтæн, уæд-иу мæ цæс- ты тигъæй ауыдтон, Залдуз-иу мæм куыд æрбакаст, уый. Кæд æмбæрста — зæрдæбынæй нæ худын æмæ, кæд йæ зæрдæмæ нæ цыди, кæй-иу бахудтæн, уый дæр. Мадзинæ агъуысты рæбинаг къуымы тымбылзылд арын- гмæ багуыбыр æмæ хыссæ надта. Афтæ æнувыдæй архай- дта æмæ афæ зынди: йæ хыссæйы йеддæмæ йæ æндæр ницæй мæт и. Фæлæ дын уалынмæ йæ сæрыл куы схæ- цыд, махырдæм куы ракæсид æмæ куы радзурид: — Кæй Мырзæ уыди, кæ? Махæй йæм ничи ницы сдзырдта — цы йæм сдзырдта- иккам! Æмæ та уæд йæхæдæг загъта: — Гæр æмæ, макуы мацы фена, бабызæй лывзæ чи кæны? Лывзæйæн мын зæгъ æмæ гогыз. Карк дæр бæззы, фæлæ карчы лывзæ дæр дард лæууы гогызы лывзæмæ. Уырысбийæн йæ тымбыл цæсгом худындзастæй баззад,
Бсербыйнаг изæртæ 419 афтæмæй цыдæр тарст каст кодта Мадзинæйы ’рдæм. Æмæ та йæ уæдмæ афарста Мадзинæ: — Æмæ кæмæй загътай, Уырыс, чи кодта лывзæ бабызы фыдæй? — Ничи кодта, лывзæ, цæй лывзæ кодта! Мах мæнæ хъазгæ кæнæм. — Фæрнæй хъазут — чи уæ нæ уадзы! Фæлæ уæ иу афтæ зæгъы æрцахста йæ, уæ иннæ афтæ зæгъы — лывзæ дзы скодта. Æмæ дзырд хæйрæджы нæ уырны. Уырысби нырма дæр уыцы тарст каст кодта Мадзинæмæ. Куыддæр йæ ныхасæй фæлæууыд Мадзинæ, афтæ мæм цæхгæр ныззылд: — Дæ рад у! — Мæ рад у, нæ? Кæс уæдæ, — йæхи ныхæстæ кæнын Уырысбийæн: Дон-дон æрцæйцыди Бесты Бесæгъуыр. Уырысби йæ къухтæй йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ æз уыдтон — йæ къухтæ зына-нæзына стъæлфыдысты цæсты- ты уæлæ, æмæ мæм афтæ каст: уый тых хъуыдыйæ афтæ у. Тых хъуыды ныккодта æмæ йæ дадзинты туг тыхцыд кæнын байдыдта. Уымæй стъæлфынц йæ къухтæ æмæ мæм фæсмон æрцыд — цæмæн мæ бахъуыд уыцы ном, æндæр ном никуыуал уыд зæххыл! Æнцондæр кæмæ уыдаид риф- мæ æрхъуыды кæнын, ахæм ном! Гъеныр уæд та исты код- та фырхуъыдыйæ кæйдæр лæппу! Æмæ мæхинымæр февнæлдтон— алæ-ма, кæддæра цы хуызæн рифмæтæ ис уыцы номæн: Бесæгъуыр — не сахуыр, Бесæгъуыр — йе сæ хуыр, Бесæ хыл, фесæфт хыл, фест зæххыл... — Æрхъуыды кодтон! — йæ хъæр фæцыд Уырысбийæн. Йæ къухтæ исгæ нæ ракодта йæ цæсгомæй, фæлæ сыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæ дзых куыд райгом уа, афтæ. — Уæдæ кæс: Чидæр ын иу къуыбар фехста йæ сæгъыл. Бесæгъуыр — йæ сæгъыл! Гыццыл ма бахъæуа — мæ хъæр ма фæцæуа: кæцæй йæм æрцыд уыцы рифмæ, цавæр сусæг тых ын æй бафтыдта йæ зондыл? Æмæ цы у уыцы сусæг тых? Кæ- цæй йæм касти? Стæй йæм кæцæй фæкæсы алы изæр, хъазы- ныл куы æрбадæм, уæд? Æмæ йæ хьазыныл дæр кæд уыцы тых нæ бафтауы, уæд æй цы æрбадын кæны алы изæр мæ ныхмæ?!
420 Хуыгаты Сергей Уæдмæ Уырысби йæ къухтæ йæ цæстытæй райста æмæ сыл хæрдмæ схæцыд, цыма йæм исчи пурти æрбаппарынмæ хъавыд æмæ йæ дзæбæх куыд рацахстаид. — Нæ мын бæззы? — Куыд нæ дын бæззы! — хъæрæй дзырд мын фæци, ацу æмæ бауром дæхи! — Хорз дын у тынг хорз, фæлæ дæ цæмæй афæрсон: Ныр Бесæгъуырæн сæгъ куы нæ уыди, уæд ын уыцы чидæр цымæ къуыбар куыд фехстаид йæ сæгъыл? — æндæр цыдæр зæгъын хъуыди, цыма, фæлæ — цы, уый мæ хъуыды нæ ахста. — Нæ йын уыди? Сæгъ ын нæ уыди? — цæмæйдæр фæтарсти Уырысби. — Кæм ын уыди? — Уæдæ мын дзæгъæлы хъуыды фæци? — тынг æнкъар- дæй загъта Уырысби, æмæ йын фæтæригъæд кодтон. — Дзæгъæлы хъуыды дын ницы фæци. Дунейы ахæм хъуыддаг нæма уыд, æмæ лæг дзæгъæлы æрхъуыды кæна исты. Лæг цыдæриддæр æрхъуыды кæна, уый хъæугæ кæны. Дунейы алы æрхъуыдыйæн дæр йæхи бынат и. — Зыдтон æй — Уырысбимæ уыцы ныхæстæ нæ бахъардзы- сты. Стæй, чи зоны, мæхимæ дæр дзæбæх нæ хъарыдыс- ты, фæлæ сæ уæддæр дзырдтон. — Бесæгъуырæн сæгъ кæй нæ уыди, уый дæр афтæ стыр бæллæх нæу. Ныронг ын нæ уыди сæгъ, ныр ын уыдзæн. — Куыд ын уыдзæн?! —йæ цæотыты уæлтъыфæлттæ хæрдмæ хъилæй аззадысты Уырысбийæн. — Куыд куы, мæнæ афтæ: Дон-дон æрцæйцыди Бесты Бессегъуыр, Уади йæ фæдыл йæ сæгъ. Чидæр ын иу къуыбар фехста йæ ссегъыл, Фæлæ нсе фæцæф йæ сæгъ. Иу цæстыфæныкъуылдмæ Уырысбийы цæсгом, цы тым- был уыд, уымæй ноджы фæтымбылдæр. Стæй йыл худæг апырх — фæйнæрдæм ыл алыгъд æнахуыр раст тынтæй æмæ мæм хуры хуызæн фæкасти йæ цæсгом, мæнæ сы- вæллæты чингуыты куыд сныв кæнынц худгæ хур — йæ тынтæ фæйнæрдæм куы ныццаразы, уый хуызæн. Иу-цас- дæр куы фæхудт, уæд мæм æрбадзырдта: — Иу хатт ма йæ радзур.
Бсербыйнаг изæртсе 421 Æз та йæ радзырдтон. — Куыд æрцæйуад йæ фæдыл, нæ фæлæ. — Йæ сæгъ, ома? — Йæ фæдыл ахуыр уыд, æвæццæгæн, æмæ æрцæйуад йæ фæдыл дон-дон. — Афтæ уыдаид, афтæ. — Ныр мæ рад у, нæ? Уæдæ хорз. — Уырысби йæ цæсты- тæ бацъынд кодта, фæлæ сæ ацы хатт йæ къухтæй нæ бам- бæрзта. Æз уыдтон: йæхи мидæг цыдæртæ дзырдта — йæ былтæ змæлыдысты æмæ мæм афтæ фæзынд, цыма кувгæ кæны, стæй цыма ам нæй, мæнæ Мадзинæтгы мæнгагъуысты, фæлæ кæмдæр дзуары бын и. Æмæ йæм æз дæр уырдæм кастæн, дзуары бынмæ. Уый дзырдта æмæ дзырдта цы- дæртæ, æмæ йæ цæстытæ цыма ноджы феддæдæр сты. Иу афон уæлтъыфæлттæ фæтъæбæртт кодтой, æз загътон — æрхъуыды кодта, ныртæккæ йæ зæгьдзæн. Фæлæ уый ницы дзырдта. Комкоммæ мæм каст, стæй фæстæмæ бацъынд кодта йæ цæстытæ, гыццыл ма абадти æмæ уæд загъта цыдæр уæзбын хъæлæсæй: Обауыл бадти Быдтаты Данел. Æз мæ цæстытæ нал истон Уырысбийæ. Афтæ мæм зынд: æндæр цыдæр æрхъуыды кодта æрдæбон, фæлæ йæ нал загъта. Æмæ цымæ цы уыди, цы æрхъуыды кодта, уый? Стæй йæ цæуылнæуал загъта, цымæ? Зæгъгæ кæй кодта, уый æнæуи абадти йе ’взагыл. Уый нæ уыди, дзуарыбын дзурæгау кæй дзырдта, уый, æндæр цыдæр уыд. Уæдæ, обауыл Быдтаты Данел бадт, уый афтæ бирæ æмæ афтæ адæрсгæ дзурын цæмæн хъуыди? Бадти обауыл, æндæр ма дзы исты и! Æмæ мæм æнад фæкаст уыцы рæнхъ: «Оба- уыл бадти Быдтаты Данел». Мæхимидæг æй куы загътон, уæд мын хъæрæй дзырд дæр куы фæуид: Обауыл бадти Быдтаты Данел. Уырысби мæм иу тарст каст фæкодта. — Æмæ уый æз куы æрхъуыды кодтон! — Зонын æй — ды йæ æрхъуыды кодтай. — Æмæ ды цæуылнæ хъуыды кæныс, дæ рад нæу?! — нал сабыр кодта Уырысби.
422 Хуыгаты Сергей — Фæлæуу, æрхъуыды кæндзынæн æз дæр. — Гъомæ æрхъуыды кæн! — Æрхъуыды кæндзынæн. — Мæхимидæг та загътон Уырысбийы рæнхъ. Стæй йыл афтыдтон хъæрæй: Йæ хæдон, йсе хæлаф уыдысты фанел. Залдуз мæм æрбакаст — цыдæргъуызон æргом каст уыди, нырма мæм афтæ никуы æрбакаст. Стæй мæм ноджы цыма цыдæр сдзурын дæр уыд йæ зæрды, афтæ мæм фæзынд, фæлæ йын уæдмæ йæхимæ фæдзырдта Мадзинæ. — Ахсадтай мын мæ цæхæратæ? — Ахсадтон, — Мадзинæмæ аздæхт Залдуз. — Гъо, ныхыдзуар фæхæссай, гъо! — стæй мæнмæ ра- каст Мадзинæ. — Ды та цæмæй зоныс Данелы? — Кæй Данелы? — бадис кодтон æз. — Уæдæ кæй Данелæй зæгъыс? — Никæй Данелæй зæгъын. Æз æнæуи зæгъын. — Уæдæ, йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фанелæй сты, уый цæмæй зоныс? — Ницы зонын. Æмæ кæмæн сты йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фанелæй? — Данелæн. — Кæй Данелæн? — Кæй, кæ — Быдтаты. — Уæуу-мæнæ! Мæ сæр мын разилын кодтат уæ Дане- лæй. Чи у, цы у?! — Мæнæй афтæ — зоныс æй. Уæлæ Дурджынобауыл фæбады сау халонау, йæ фырыты фæхизы уым æмæ йæм, зæгъын, кæд искуы схæццæ дæ. Æз бахудтæн — ацу æмæ ма бахуд! Æз рæнхъ хъуыды кодтон, рифмæджын æмбал Уырысбийы рæнхъæн... Æниу аххосджын уый у, Уырысби у аххосджын. Уæдæ бирæ кæ- уыл фæхъуыды кодта, бирæ кæй фæдзырдта йæхимидæг, уыцы рæнхъ нæ загъта, фæлæ, дам, Данел обауыл бадт, Быдтаты Данел, дам. Цыма мæ тынг бахъуыд, кæм бадти, уый! — Æмæ æцæг дары фанел хæдон æмæ хæлаф? — Уæдæ нæ дары! — Æмæ тæнæг нæу фанел хъуымац хæдон æмæ хæлафæн? — Тæнæг у-бæзджын у, уый æндæр ницы дары æмæ цыфæнды дæр фæуæд. Цæхæрадоны исты архайа — уыдон,
Бсербыйнаг изæртæ 423 искуыдæм мæрддзыгой цæуа уæддæр - уыдон, йæ фыры- тæ хиза - уæдДæр. Туг ыл куы ныууара, сау туг, æндæр дарæс дын ницæй тыххæй скæндзæн. — Мæнæ диссаг! — Гъомæ, æлхæнгæ та кæм бакæны алы хатт фанел? Кæм æй ссары? — Ссары йæ. Кæд ыл искуы асламæй бамбæлд æмæ дзы иу æлхæд бирæ бакодта, уæддæр ын чи цы зоны! Æз æмбæрстон — Мадзинæ цыдæр зулдзых хæссы уыцы Данелмæ. Фæлæ, цымæ, цы? — Чи йыл æмбæла сæрдыгон — сæрддæргъы, уыдонæн æппæлдзæни, гъе! Мæнæ сæ Джиуæргуыбамæ хæссын. Сæ иуы йæ ’рцæуæн бон аргæвддзынæн, се ’ннæйы йе ’рвитæн бон. Уæдæ стыр-бон уыдзæн æмæ лæг сурдзыхæй бада! Стæй уалдзæджы кæс, æмæ та сæ уæртæ фескъæры хизынмæ. Пуй, дæ Джиуæргуыба дыл мауал æрцæуæд, цы лæг дæ! — Уанцон нæу! — æцæг мæм диссаг кастысты Данелы хъуыддæгтæ. Мадзинæ ницуал загъта, æмæ та æз афарстон: — Æмæ йæм рагæй сты уыцы фырытæ? — Ныр иу-фондз азы бæрц. — Гæр, æмæ сыхæгтæй дæр не ’фсæрмы кæны? — Кæм и уæдæ, кæд æфсæрмы кæны, уæд? — Æмæ ма йын исчи йæхицæн фæзæгъы «мидæмæ»? — Чи йын фæзæгъы, чи — нæ. — Æмæ ма цæуы йæхæдæг хуындмæ? — Нæ цæуы, уогъ! Мæ цæстыты разæй нал хызт уыцы Данел — ныггуыбыр и, афтæмæй йæ пака нымæтхуды бын бады обауыл æмæ йæ цæстытæ ныджджыгъгъытт кодта йæ дыууæ фырмæ. Нæ фæлæ сæрдæй-зымæгæй, хурæй-къæвдайæ уыцы фанел хæдон æмæ хæлаф куыд дары! Хæлаф гæлифе уы- дзæн, ай-гъай! Уæдæ фанелæй даргъфадыг хæлаф куыд хъуамæ бахуыйа! Æмæ йыл хæрзаг даргьхъус цырыхъхъытæ ссæрфы. Уæдæ ма ныр ирон дзабыртæ æмæ цъындатæ чи дары! Уый кæддæр дардтой афтæ. Ноджы уæд гæлифе — арæх, цырыхъхъ — стæм. Æмæ дардтой ирон дзабыртæ æмæ цъындатæ. Цъындаты хъустыл уæлиау схæц, сиваз сæ гæлифейы зæнгтыл, стæй сæ, дæлæмæ куыд нæ лæсой, афтæ, мидæджырдыгæй фæйнæ булавкæйы ныссадз. Ныр
424 Хуыгаты Сергей афтæ ничиуал дары. Фæлæ Данелæн йæ бон у æмæ дара — дыууæ фыры чи фæхæссы алы аз Джиуæргуыбамæ æмæ дзы иу дæр чи нæ аргæвды, уымæн цы хъæуы дзабыртæ æмæ цъындатæ дарын! Стæй ардыгæй Дурджынобаумæ цырыхъхъ цæмæн хъæуы æнæуи дæр. Уыцы æхсæв æгъуыссæг фæдæн. Æрмæст уартæ боныр- дæм авæрдтон мæ цæстытæ кæрæдзийыл. Æвæццæгæн, мæ фынафонæй кæй ахызтæн, уымæн афтæ уыд. Нæ фынг адаргъ и. Бæтæхъо уайтагъд бахъæлдзæг, иу сидт иннæйы фæдыл уагъта, цыма Нафы куывды бадтыстæм. Данæйы та Хуыцау цæхæраджынтæй æппæлыныл бафтыдта. Бæ- тæхъо-иу ракуывта, æмæ та-иу Данæ дæр раппæлыд. Мæнæ сыкъа чи аназа, уымæн ацаходæггаг куыд авæрай. Æппæл- гæ дæр иууыл уыцы иу ныхасæй: — Нанайы цæхæраджынтæ амбылдтой. Карчы мард нæ, фæлæ гогызы мард дæр ницы у сæ цуры. Æвналгæ дæр-иу сæм æркодта, махмæ дæр-иу бахатыд, æмæ та-иу сæм æрæвнæлдтам мах дæр. Диссаг та куыд нæ у! Иннæ адæмтæй бирæтæ æхсæвæ- рыл сæхи цы фæсайой, æндæр хæргæ нæ кæнынц. Далæ, дам, стыр Китайы та ахæм ныхас баззад: дæ аходæн дæхæ- дæг бахæр, дæ сихорæн йе ’мбис искæмæн радт, де ’хсæ- вæр та æнæхъæнæй радт искæмæн. Мах та — иннæрдæм. Райсом кæнæ гыццыл, кæнæ ’ппын нæ, сихорыл — гыц- цыл, æхсæвæрыл — бирæ. Сойаг æмæ сæм урсагæй цы уыд æфсинтæм, ууыл æхсæвæрмæ ауæрстой. Хæхты афтæ кодтой иууылдæр, стæй хъæуты нырма дæр афтæ кæнынц. Мæнæ — Мадзинæ! Райсомæй уæларынг балæууа æмæ уæливыхтæ ракæна — куыннæ стæй! Уæларынг нæ, фæлæ уæларт дæр никуы балæууы. Фæлæ хур дзæбæх акъул, уæд æхсæвæры койыл свæййы. Иу дугъ цæхæрадонмæ сисы, иу — къæбицмæ. Исдуг уыдæггыл рахъуыды-бахъуыды кодтон, стæй уыцы изæрты фæдыл адзæгьæл дæн — цыма нырмæ хус бæс- тæйы цардтæн æмæ ныр алæмæты дыргъдонмæ бахаудтæн. Уыдонæй фæхуызджындæр и мæ цард, фæудджындæр и, уыцы изæртæй. Уыцы сыгъдæг æмæ æнæуæлдайми рæ- сугъдæй æрбалæууыдысты мæ разы — Хуыцау сæ куыд- дæриддæр рауагъта, афтæмæй. Уыцы уæрæх агъуысты сæрдыгон тъæпæн пецы фарсмæ бад, æндзарæны цæхæры
Бæрбыйнаг изæртсе 425 уæлæ хъуыдыдытæ фыц æмæ сæ тæвдæй хæр. Кæнæ дзул- фыцæн картофты лыстæджытæй байдзаг кæн æмæ сæм цырд лæуу, цалынмæ тъæпппытæ кæнын нæ райдайой цæкуытау, уæдмæ. Æмæ бад æмæ ныхæстæ кæн, æмæ риф- мæджын рæнхъытæ хъуыды кæн æмæ худ. Уо, уыцы комæй кургæ изæртæ! Æмæ-иу хъуыды код- тон мæхинымæр: ныр нывгæнæг ма у æмæ ныв ма скæн ацы диссаджы изæртæ! Алкæй дæр сæ сныв кæн, алкæй. Равдис æй, куыд æрцыд æмæ куыд ацыд, афтæмæй. Цæ- мæйдæр иугъуызæттæ рауаиккой, бæгуы, фæлæ цæмæй- дæрты та æндæргъуызæттæ уаиккой, бирæ цæмæйдæрты. Мах-иу пецы фарсмæ бадтыстæм, æз æмæ Уырысби. Махæн бынæттæ уыди, иугæндзон бынæттæ. Æниу бынат Залдузæн дæр уыд — рахизæны цæджындзы фарсмæ.Уым-иу алæууыд, цæджындзыл-иу бауагъта йæ фæсонтæ æмæ-иу тыхстгъуызæй каст, цыма, йæ ми кæй фæци, кæй нæ рав- дæлди, ууыл тыхсти. Фæлæ уырдæм арæх не ’фтыди — Мадзинæ-иу æй куы цы мийыл бафтыдта, куы — цы, æмæ- иу агъуыстæн куы йæ иу къуымы уыд, куы — йе ’ннæ къуымы. Æмæ-иу хицæн уымæй кодтаиккой нывтæ — Залдуз сæ кæм кæцы ран и, кæм сæ цы ми кæны. Стæй ма æнæуи дæр хицæн кодтаиккой истæмæйты. Уымæн æмæ сæ алчи- дæр хицæн изæр уыд, алкæмæн дæр сæ йæхи зæрдæ, æмæ йæхи уд уыди. Алкæй дæр сæ æндæр рухс тæпп кодта, æндæр тафс сæ змæлыди алкæй мидæг дæр. Æниу уыцы рухс æмæ хъармæн быныбынтон равдисæн дæр нæй, стæй йæ быныбынтон æвдисын хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Намæ цæугæ та кæм бакæндзысты, зæрдæйы цы диссæгтæ æрæмбырд и, уыдон се ’ппæт! Кæм и ахæм ныв зæххыл! Райсомæй куы сыстадтæн, уæд мыл мæ уæнгтæ уæз код- той — дзæбæх æй æмбæрстон. Асиныл æрхызтæн æмæ бæласы бын бандоныл æрбадтæн. Сæрмæт мæм кæцæйдæр æрбадугъ кодта æмæ мæ уæрагыл абадт. Мæ армытъæпæ- нæй йын йæ хъæбæрхъис сæрыхъуынтæ аууæрстон, стæй йæ мæ уæрагыл хæрдмæ æппарын байдыдтон, цыма бæ- хыл бадт æмæ бæх йæ быны цапуалæй уад. Лæппу кæл- кæлæй худти. Мæ уæнгтæ кæрæдзийыл фæхæцыдысты уыцы худтæй. - Куыдтæ мын дæ, куыдтæ, Сæрмæтыхъо?
426 Хуыгаты Сергей — Дзæбæх. — Хорз бафынæй кодтай? — Гъо. — Æмæ æппын иу дзæбæх фын ницы федтай? Сæрмæт сур цъæм-цъæм акодта. — Федтон. Æз зыдтон — Сæрмæт афтæ кодта: исты-иу æрæмысыд стæй-иу æй цыма фыны федта, афтæ радзырдта. Ноджы йæ фынтæн сæ сæйраг архайæг алы хатт дæр уыд Уырыс- би. Цыма алы хатт дæр уый уыдта йæ фыны. Мæнмæ уый хорз касти, тынг хорз, æмæ бацыбæл дæн — кæддæра та цы радзурид. — Цы федтай? — Цыма Би æрбацæйцыд махмæ. Йæ дæларм æрбацæй- хаста æхсынæнты чъири — стыр чъири, мæнæ айас, — Сæрмæт йæ гыццыл цæнгтæ аивæзта æмæ сæ тæлыгонд æрбавæрдта разæй кæрæдзимæ, стæй мæм скасти. — Ай ас, гъе. Тохтиаты размæ куы ’рбахæццæ, уæд ын Тохтиа- ты Сауи аскъæфта йе ’хсынæнты чъири. — Мæнæ диссæгтæ! — ме ’рмттæ æркъуырдтон æз. — Гæр æмæ Тохтиаты Сауи нырма къæбыла куы у, уæд куыд сæххæст Уырысбимæ? — Дзæбæх. — Æмæ цымæ цæмæн бвхъуыдаид æхсынæнты чъири Сауийы? Æхсынæнтæ æхсынын ма зона? Сæрмæт йæ гыццыл уæнтыл хæрдмæ фæхæцыд, ома, уымæн æз дæр ницы зонын дæуæй уæлдай. — Стæй, стæй? — Стæй Би дур систа зæххæй æмæ йæ Сауийыл фехста. Дур ыл куы фехста, уæд Сауи сæхимæ алыгъди æмæ куы алыгъди сæхимæ, уæд... — Сæрмæт та ацъæм-цъæм кодта, скасти мæм. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йæ дзурын нал фæндыд. Стæй цы дзырдтаид, уый дæр нал зыдта. — Уæд цы? — бафарстон та, кæддæра ма цы зæгъид. Сæрмæт арф ныуулæфыд. — Уæд йед фестади Сауи, цы уый дын зæгъон? Бæх. — Мæнæ диссæгтæ! — ме ’рмттæ та æркъуырдтон æз. — Къæбыла бæх фестади, Тохтиаты къæбыла. Стыр бæх, сау бæх, нæ? Сауийæн йæхи хуызæн сау? — Гъо.
Вæрбыйнаг изæртсе 427 — Стæй цы фæци бæх? — Стæй йыл Би сбадти. Би йыл куы сбадти... — Æвæц- цæгæн, фæгуыцысхо зæрдиагæй йæ кæй нæ фæрстытæ кæнын, ууыл. Йæхи аивæзта зæхмæ, фæлæ йæ æз нæ ауагътон. — Æмæ стæй нæ рахауди бæхæй Уырысби? — Ницы рахауди. — Хуыррытт дæр нæ ныккодта бæх? — Ныккодта. — Стæй уыцы бæх къæбыла фестад фæстæмæ? — Ницы фестад. — Æмæ ма ныр Тохтиатæн къæбыла кæм уыдзæн? Сæрмæт та йæхи аивæзтытæ кодта, æвæццæгæн, сфæл- мæцыд мæ фæрстытæй, фæлæ та йыл æз æнгом æрбахæ- цыдтæн мæхимæ. — Гъомæ хорз. Ницæмæн хъæуы Тохтиаты къæбыла. Фæлæ ма дæ цæмæй афæрсон? Нымайын та цалы онг зоныс? Нырма мын никуы анымадтай. Æниу мын куыд никуы анымадта! — Дæсы онг, — уыцырдæм фездæхта йæ ныхас лæппу, æвæццæгæн ын æхсызгон уыд: æгайтма йæ бæх æмæ къæ- былайæ нал фæрсын. Гыццыл ма ахъуыды кодта. — Дæсы онг нæ, четырейы онг. Æз бахудтæн. Мæ уæрагыл та йæ сæппæрстытæ код- тон. — Цалы онг, зæгъыс? — Дæсы фæстæ четыре нæ вæййы? — хæрдмæ мæм сзылдта йæ тымбыл цæстытæ. — Цы агуры дæсы фæстæ четыре? Стæй четыре уартæ уырыссаг нымадæй куы у. — Уæдæ Будзула афтæ куы загъта. — Кæй Будзула? — Бибаты Будзула. — Дæуæй стырдæр у Бибаты Будзула? — Гъо. Афтæ уыйас, — йæ арм фæтъæпæн кодта æмæ йæ сæрмæ иу-дыууæ æнгуылдзы уæлдæр авæрдта. Æз бамбæрстон: лæппутæй йæ чидæр рæдийын кодта — барæй, ахудыны тыххæй. Уæдæ-иу мын раздæр куы ны- мадта, уæд æм четырейы кой никуы уыди, æмæ та бахуд- тæн. Мадзинæ мæ худгæ æрбаййæфта. Иæ раздарæн йæ
428 Хуыгаты Сергей тæккæ дзаг уыди цæмæйдæр. Кæрты дæллаг кæрон сæ тæгæнамæ æркалдта, йæ раздарæн æрцагъта. — Сыстадыстут? — Мах сыстадыстæм, фæлæ ды уыцы цæхæрадон хаст фæдæ дæ раздарæны. — Æмæ цы мæнг зæгъыс. Раздарæн мын мæйваг нæ кæны. Кæм джитъри фæзæронд вæййы, кæм кæлмхæрд дыргь æрхауы, кæм цы.. Æмæ сæм нæ фæлæууын, — дзургæ- дзурын нæм æрбацыд æмæ нæ фарсмæ æрбадт. — Ныр уый дæр хорз, фæлæ дæ иу хъуыддагæй афæрсинаг вæй- йын — уартæ дæм кæдæй нырмæ бахъав-бахъав кæнын: цымæ ацы чызгæн дæ бон ницы баххуыс кæнын бауаид? — Кæцы чызгæн? — аздæхтæн Мадзинæмæ, Сæрмæты ме ’ннæ уæрагмæ аргъæвтон. — Мæнæ, мæнæ Залдузæн. — Æмæ цы кæны Залдуз? — мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп куыд ссыд, уый дзæбæх бамбæрстон. — Кæнгæ та цы хъуамæ кæна, фæлæ гъæуым цыдæр скъоламæ хъавы æмæ йæм нæ уæнды, мæгуырæг. Куы нæ йæ айсой, æмæ æгадæй куы раздæха. — Æмæ йæ куыд нæ хъуамæ айсой? — цы дзырдтон, уый дзæбæх нал æмбæрстон, æвæццæгæн. — Ай, куыд нæ, дам, æй хъуамæ айсой! Куыд нæ, куы, куы нæ дæм æхца уа, куы нæ дыл фæхæцæг уа, уæд дæ чи исы! — Æмæ йæ цымæ кæдæм фæнды? — мæ цæстытæ æр- хæцыдысты цæджындзыл, уартæ агъуысты ацы фарс цы цæджындз и, изæры Залдуз кæуыл банцой кæны... — Мæнæ, дам, дзы гыццылты ахуыргæнджытæ уадзынц, хæрз гыццылты. Йæ ном дæр ын зыдтон, фæлæ мæ бай- рох. Зæрдæ мын нал и, зæрдæ, — дзуры Мадзинæ, æмæ æз уынын: Залдуз лæууы цæджындзы æнцой, куыд фæ- лæууы, афтæ æмæ йæ разы кæрты дунейы партæтæ æмæ сыл бады дунейы сабитæ. — Сывæллæтты нæмттæ дæр мæ ферох вæййынц, сыхы сывæллæттæй зæгъын. Нæхимæ та — гъæй, мæ уд акæ- най! Ацы иунæг нæм и Татайы цъиуау æмæ йыл нæ удты гæртт-гæртт цæуы. Уæд ай дуне — уæлгоммæ, рауадз сы- вæлйæттæ ’мæ уа! Æниу бæзгæ цæмæн фæкæны, иунæгæй чи схъомыл уа, уый. Суцца рахæссы йæ гыццылæй æмæ
Бсербыйпаг изсертæ 429 цъыззыйы къуылых! Фæлæ адæмыл дуджы зыд скодта, сывæллæттæм дæр сæ нал æвдæлы. Сæ бындур ма ныззила афтæмæй! Сæрмæт иунæг кæй уыди, уый мæ зæрдæмæ дæр нæ цыди æмæ æз дæр загътаин истытæ, фæлæ уыцы дзæбæх нывмæ кæсгæйæ баззадтæн — лæууы Залдуз цæджындзы ’нцой, йæ лæгъз æрфгуытæ уыцы лæгъзæй айтынг сты йæ бæрзонд ныхыл æмæ йæм уыйæппæт худæндзаст цæстытæ ныййирд сты. — Кæд искуыдæм афтид, кæд искуы йæ къæбæры фаг исид. Кæннæуæд ам куы баззайа, уæд... — Мадзинæдард- дæр нал загъта йæ ныхас. Уый бæсты йæ сæр йæ уæхсчы- тыл^аракъул-бакъул кодта æмæ æрсабыр. Йæ ныхас дæр æнкъард уыди, фæлæ мæм бынтон æн- къард, йæ сæр кæй аракъул-бакъул кодта йæ уæхсчытыл, уый фæкаст. Цыма мæ цыдæр æмбæхста, æнкъард цыдæр. Тæссаг мын цæмæй уыд, ахæм цыдæр. Уыцы бон хъеллауæн бахъуыдтæн: æддæмæ-иу рацыд- тæн, цæхæрадонмæ-иу ахызтæн, бæлæсты бынты дæр-иу азылдтæн. Иу хатт хъилхъæдуртæй мæ размæ рахызт Ма- дзинæ — йæ раздарæны хус хъæдуры кæрддзæмтæ ныц- цæхгæрмæты сты. — Ацы бон дæ гаччы нæ дæ, мæнæ лæппу. — Цы кæнын? — Цы кæныс, уымæй дæу бафæрсын хъæуы. Рисгæ дæ мацы кæна? — Ницы мæ риссы, цы мæ хъуамæ рисса! — Стæй аф- сон кодтон: — Уый мæнæ цæуылдæр хъуыды кæнын æмæ уæд афтæ вæййы. — Æмæ абоны йеддæмæ никуы хъуыды кодтай цæуыл- дæр, фæлæ-иу тынг дзæбæх уыдтæ. Уæд та, цом æмæ иу- дыууæ арахъхъы ануаз, кæд де ’муд æрцæуис. Арахъхъ нуазыныл не сразы дæн, æмæ уæд Мадзинæ хъæдурты аныгъуылд фæстæмæ, æз раздæхтæн. Сбадтæн ме стъолы фарсмæ æмæ мæхицæн загътон — изæрмæ нал сыстдзынæн. Бадтæн æмæ мæ хъулæттæ гæххæтты сыфмæ кастæн. Стæй мæ зæрдыл æрбалæууыд, дыууæ цæхæрадо- ны астæу цы æмбонд и, уый — цом-ма, фенон æй, кæддæ- ра цы хуызæн æмбонд у, кæддæра йыл куыд бахизынц Уырысби æмæ Залдуз.
430 Хуыгаты Сергей Уайтагьд уым балæууыдтæн. Æмбонд уыд зæронд фæй- нæджытæй, астæрдæй кæй сæппæрстæуыд, ахæмтæ-йедтæй. Иуæй-иутæн ма дзы сæ ахорæнтæй дæр цыдæртæ аззад сæ уæлæ. Ацырдыгæй йыл хъил уыд, иу-цалдæр селф уыгарды кæуыл ныччынд, ахæм тымбыл хъæды лыггаг асины бæсты. Чысыл æддæдæр лæууыдтæн æмæ æнкъардæй кастæн уыцы уыгæрдтæм. Ме ’рбацыдмæ Уырысби æмæ Залдуз кæрты астæу лæууыдысты. Уырысбийæн йæ цин йæ тым- был цæсгомыл нал цыд. Хæстæг мæм æрбалæууыд. — Дысон иу æрхъуыды кодтон. Бакæсон дын æй? Уæдæ хъус: Лæг лæг уу хæрæг — хæрсег. Лæг лсегмæ ксены хселæг. Лæгмæ смсесты вæййы лæгу Лæджы схоны лæг хæрсег. Лæг нæ фесты уæд хæрæг. Лæг лæг уу хæрæг — хæрæг. Æмæ, дам, диссæгтæ нæй ацы дунейы! Уæдæ ай цы у мæнæ?! Лæууыдыстæм æртæйæ. Нартæ сæ сау рувасы уæлхъус куыд лæууыдысты, афтæ. Нартæ рувасмæ кастысты сæ разы нæумæ, мах та — Уырысбийы къухтæм тетрады сыфмæ. Уырысби йыл фæйнæрдæм ахæцыд, айтынг æй кодта, æмæ æз тарстæн: куы аскъуыйа уыцы чырынтæ гæххæтты сыф! Фæндыди мæ — куы йæ райсин, куы йæм æркæсин мæхи цæстытæй, куы йæ æрысгарин мæхи къух- тæй. Кæддæра фыст у, кæддæра куыд фыст у. Чи зоны, фыст æппындæр нæу, чи зоны, афтид у бынтондæр сыф — кæд ын æй афтæ æнæуи бафтыдæуыд йе’взагыл? Уæдæ Уырысби куыд хъуамæ сбадтаид æмæ куыд хъуамæ ныф- фыстаид? Нæ, мæ цæстытыл нæ уади — Уырысби уа æмæ сбада ’мæ фысса! Кæд ыл цæттæйæ бамбæлд искуы? Афтæ, дам, вæййы. Иу мæ зонгæ ахуыргонд мын дзырдта, æрдзы, дам, алцыдæр цæттæ у, æрмæст, дам, æй ссарын хъæуы. Зæгъæм, «Ханты цагъд» дæр, дам, зæлыди, хъуысти иу хохрæбынæй иннæмæ, цыди, цалынмæ йæ иу къæрцхъус не ’рцахста æмæ йæ фæндыры тæнтыл нæ бафтыдта, уæд- мæ, «Сидзæргæс» дæр, дам, æрдзæй ист у. Уый дæр, дам, уыди æрдзы. «Хъуыбады» дæр. Æрмæст, дам, сæ ссарын хъуыд. Гъе, æцæг се ссарын алкæй бон нæу. Хъуамæ лæг
Бсербыйнаг изæртсе 431 æндæргъуызон уа, цæмæй дунейы ахæм диссæгтæ ссара, уый тыххæй, æндæргъуызон удыхицау уа, æндæр фæн- дæгтыл цæуа — адæм цы фæндæгтыл цæуынц, ууылты куы цæуа, уæд ницы ссардзæн. Уырысби дæр æндæр фæн- дæгтыл цæуы æмæ бамбæлди уыцы диссагыл. «Лæг лæг у, хæрæг — хæрæг. Лæг кæны лæгмæ хæлæг», — сигæцыл ссадау тæмæнтæ нæ калы йæ алы дзырд дæр! — Æмæ йæ куыд æрхъуыды кодтай? — Дзæбæх, — кæсы йæ дыууæ къухы æхсæнмæ Уырыс- би. — Хуыссæг мæ нæ ахста æмæ йæ æрхъуыды кодтон. Фæрсын ма йæ хъуыд, фæлæ ма йæ цæмæй бафарста- ин, куыд ма йæ бафарстаин, æмæ лæууыдтæн. Залдуз мын æмбæрста мæ тыхст æмæ бадзырдта Уырысбимæ: — Биби, æмæ Дурджын обауы фæстæ куы уыдтæ, уый йын цæуылнæ дзурыс? — Æмæ йын æй радзурдзынæн, кæд æй фæнды, уæд. — Тетрады сыфæй йæ цæстытæ нæ исы Уырысби, æмæ афтæ зыны: уым кæсы, сыфы, цы дзуры, уыдон. — Дурджын обауы фале цы фæндаг и, ууыл фæцæйцыди дыууæ лæджы. — Фыны? — Нæгъ. Æнæуи. Сæ иу хæрæгыл бадти, иннæ фистæ- гæй цыди. Фистæгæй чи цыд, уымæ уыди даргъ лæдзæг æмæ та-иу æй, хæрæгыл чи бадт, уымæ ныттылдта. Стæй хæрæгыл чи бадт, уый аразæй. — Иннæ цы фæци, лæдзæг кæмæ уыд, уый? — Дурыл сбадти, фæндаджы был иу урс дур уыди ’мæ ууыл. Не ’мбæрстон — цы бар дардта уыцы хабар æмдзæвгæ- мæ. Кæд, дыууæ лæгæй иу хæрæгыл кæй бадти, иннæ фистæг кæй уыди, уый тыххæй. — Гæххæттыл дæр æй дысон ныффыстай? — Нæгъ. Гæххæттыл æй, абон куы сыстадтæн, уæд ныффыстон. — Æмæ дæ куы ферох уа, уымæй нæ тарстæ? — Нæгъ, — цыдæр æнæмæтæй загъта Уырысби. — Куы- иу райхъал дæн, уæд-иу æй радзырдтон, стæй-иу куы бафынæй дæн, уæддæр-иу мæм хъуысти. — Æмæ ма йæ уæд фысгæ цæмæн кодтай? — афтæ йæ цæмæн бафарстон, уый нæ бæмбæрстон.
432 Хуыгаты Сергей — Фенон æй, кæддæра куыд фидауынц — дыууæ иумæ, дыууæ иумæ, — загъта Уырысби æмæ куыддæр загъта, афтæ йæ цæнгтæ æруагъта æмæ ахъуыды кодтон: цымæ нæ бафæлладысты йæ цæнгтæ? Уартæ сæ кæдæй нырмæ дары ауыгъдæй! Гъеныр æрмттæдæларм куы скæнид æмæ афтæмæй куы алæууид, уæд ссæуид йæ цæнгты фæллад. Фæлæ нæй, не сæрмттæдæларм кодта Уырысби. Стæй йæ æнæуи дæр никуы федтон æрмттæдæлармæй. Кæд йæ цæнг- тæ цыбырдзæф сты æмæ йын не ’ххæссынц æрмттæдæ- ларм кæнынмæ? Залдуз арæх вæййы æрмттæдæларм. Уæр- тæ цæджындзы æнцой куы фæлæууы, уæд иууылдæр æрмт- тæдæларм вæййы. Фæлæууы æмæ йæ тымбыл риутæ уыцы тымбылæй абадынц цæнгты уæлæ. Уырысбийы къухтæ æрсабыр сты, фæлæ гæххæтт нæ сабыр кодта — стъæлфыд йæ къухы мидæг. Цымæ цы фæуыдзæн уыцы гæххæтт? Куы йæ фенин, уый мæ тынг фæндыд. Уый хуымæтæджы гæххæтт нал уыди мæнæн. Уырысби йе ’нарæхст къухæй къæдз-мæдзы дамгъæтæ кæм ныффыста, уыцы тетрады сыф — уый уыди æвдисæндар, Уырысби æндæр дунемæ кæй фæцæйцыд æмæ кæй фæ- дзæгъæл, уыцы хъуыддаджы æвдисæндар. Уый йæ фæн- даджы гæххæтт уыди Уырысбийæн. Æмæ йыл хæцгæ дæр уымæн афтæ кодта, æвæццæгæн. Уыцы изæр дыгæйттæ хъуыды кодтам. Уырысбийы загъ- дау, ома дыгай рæнхъытæ. Зæгъ дæ рæнхъытæ æмæ дæхи- цæн бад, цалынмæ уый хъуыды кæна, уæдмæ. Залдузы Мадзинæ гуымбыл ахсыныл бафтыдта. Нæ тъæпæн пецы фæстæ тæрхæгыл бадт гуымбылахсæн къæртайы фарсмæ, йæ цæнгтæ рæмбыныкъæдзты онг къæртайы ауагъта æмæ ныссабыр, афтæмæй къæртайы фæрсты зæхмæ каст, цыма дзы, йæ цæнгтæ къæртайы кæй ауагъта, уый рох фæци. Уырысби йæ цæстытæ бамбæрзта, гæххæтт дæр йæ къу- хы æмæ афтæ зынд: кæугæ кæны — уый йæ къухмæрзæн схаста йæ цæстытæм. Дис кодтон: цæмæн бамбæрзы йæ цæстытæ? Кæд æм афтæмæй хуыздæр хæццæ кæны уыцы рухс, йæхæдæг дæр æм фæндаг хуыздæр ары, æвæццæ- гæн, афтæмæй. Уæдмæ йæ афтид къух æруагъта, иннæ къух, гæххæт- тыл кæмæй хæцыд, уый уæддæр уым баззад, уыцы къух, цæстыл фæлдæхтæй, æмæ радзырдта:
Бæрбыйнаг изæртæ 433 Арахъхъ бирсе чи нуазы, Уый амселы иу азмæ. Уырысби арахъхъ нæ уарзта, йæ тæфмæ смудын дæр ын нæ фæрæзта. Ныр йæ ных арахъмæ сарæзта, куыд æй бамбæрстон, афтæмæй дысон Бæтæхъо бирæ сидтытæ кæй кодта æмæ нын хъазыны фадат кæй нал фæци, уымæн сыстад арахъхъы ныхмæ. Уæд æз иннæрдæм ахæцыдтæн — кæддæра куыд уаид... Арахъхъ нывыл чи нуазы, Уый фæцæры мин азы. Æмæ та бамбæрзта йæ цæстытæ Уырысби. Абадти афтæ иуцасдæр æмæ хъæрæй ныххудти. Бадти, йæ цæстытыл хæцыди æмæ худти. Мадзинæ æрбауади уынгæй. Ныр дæр та йæ раздарæны уыди цыдæртæ. Æвæццæгæн, сыхæгтæй кæмæдæр истæмæ ауади. Уæд ма йын цафон уыди уымæн дæр! Фæлæ хъæуккаг адæм афонтæ-йедтæм кæсаг не сты. Уырысби йæ худынæй нал æнцад, уый куы федта, уæд æм цæугæ-цæуын бадзырдта: — Уый дын цы хуызæн худт у, Уырыс, дæ бикъ бафтдзæни æмæ æмбисонд кæны де знаг. — Æмæ йæ бикъ кæмæн бафты, уыдон кæугæ куы фæ- кæнынц, — бадзырдтон æз дæр Мадзинæмæ. — Уал амонды мæ куы уаид, цалæн фырхудтæй дæр бафты. — Гъомæ уый сывæллонæн бафты, уыййеддæмæ ма Уырысбийы карæнæн уанцон бикъы бафтыд нæу. — Уырысбийы цахъхъæнæн дæр бафты æмæ ма ноджы хистæрæн дæр. Фæлæ йæ ныхасæй бæрæг уыди — сайгæ кæны. Иуафон йæ къухтæ æрхаудтой Уырысбийæн, цыма ауыгъд уыдысты æмæ уæгъд фесты — сæ тъæпп фæцыд йæ уæрджытыл. Уæддæр йæ худын нæ урæдта, худгæ-худын радзырдта: Арахъхъ чи нуазы хæлæфæй, Зайы уый æнæ хæлафæй. Куыддæр Уырысби фæци йæ рæнхъытæ дзырд, афтæ та Мадзинæ дæр сдзырдта, ацы хатт хъæрдæрæй: — Уæ мæрдтыстæн, Адзыготæ уый æппæт фæйнæджы- 28 Хуыгаты Сергсй
434 Хуыгаты Сергей тæй цы кæнынц? Цыппар машинæйы сæм фæцæуы уалæ цармæ амадæй. Уырысбийæн хъыг уыди Мадзинæйы ныхас — йæ ны- хас нæ, йе ’рбацыд дæр ын хъыг уыди, — афтæ йæ бам- бæрстон. Æвæццæгæн нæ, ома, гъеныр Адзыготы фæйнæ- джыты йеддæмæ ницæй мæт и! Уыдæттæ нæ æндавынц, ома, гъеныр! Йæ уæхсчы сæрты йæм акæсынмæ хъавыд, фæлæ йæ бæрзæй цыбыр уыд æмæ нæ акаст йæ уæхсчы сæрты, уæддæр æм адзырдта: — Æвæццæгæн сæ цæхæрадоны астæрд калынц. — Кæм калынц, кæ, зæгъыс, астæрд? — Сæ цæхæрадоныл, æндæр кæм! Цас цъыфтæ сын дзы ис, уый зоныс? Мадзинæ лæугæ аззад, йе ’рфгуыты бынты æрбакаст Уырысбимæ. — Куыдзы туг де тары, кæд дæ хъазинаг нæ дæн! Фæлæ хъазгæ нæ кодта Уырысби. Стæй йæ Мадзинæ дæр æмбæрста — хъазгæ нæ кæны. Уый æнæуи загъта афтæ, фæдсафæнтæ кодта, ома.хъазгæ кæны, ома, æцæг нæ дзуры. Фæлæ куыд æрхъуыды кодтаид афтæ Уырысби, цæмæн æрхъуыды кодтаид афтæ, æмæ, сæ цæхæрадоны цы цъыфтæ и, уыдон астæрынц Адзыготæ? Æмæ та-иу мæ цæсты кæронæй бакастæн Уырысбимæ. Ныр æй истæмæй афæрс, фæлæ йын хъыг куы уа. Мадзинæ ма йæ куы афæр- сид йæхæдæг. Фæлæ — нæй. Мадзинæ ацыд йæ митæ кæнынмæ. Æмæ уæд нал баурæдтон мæхи: — Чи дын загъта, сæ цæхæрадоны цъыфтæ фæйнæгæй астæрынц, уый? — Чи мын æй хъуамæ зæгъа! — цыдæр рæтъувæн ны- хасæй мæм сдзырдта Уырысби. — Уæдæ йæ цæмæй зоныс? — Цæмæй, цæ, хæфсытæй сын йедзаг сты, æмæ уымæй. Сæ уасынæй не ’нцайынц æмæ сæ фынæй кæнын нæ уадзынц. — Уыцы ран цæхгæр фæзылдта йæ ныхас: — Гъа, æрхъуыды кæн! Хъазын мæм нал цыд — бахъарыди мæм, лæгмæ йæ фæллад куыд бахъара, афтæ. Уыцы фæйнæджытæ æмæ мын цæхæрадоны цъыфтæ мæ хъуыды аздæхтой хъазтæй. Фæлæ мæ Уырысби нæ уагъта æнæ хъазгæ æмæ загътон æнæбары дыууæ æнкъард æмæ уазал рæнхъы:
Бæрбыйнаг изсертæ 435 Арахъхъ баиуазып бсерцæй Махсен у фæдзæхст сердзсей. Æмæ та бацырын и Уырысби. Худгæ дæр та-иу бакод- та. Залдуз гуымбыл бацахста, цæджындзы æнцой лæууы- ди. Мадзинæ йæ митæ конд фæци, кæрты ма-иу куы фæ- зынди, куы — нал.Иуафон къæбицæй рауади, хæдзармæ фæцæйцыд. Асины рæбын фæлæууыд. — Æгъгъæд ут, уæртæ лæппутæ! Райсом дæр ма ацы мæйæ у. Уырысби фестъæлфыд. Мадзинæмæ йæ цæстытæ фæ- царæзта, стæй уæлтъыфæлттæ тъæпп-тъæпп ралæууыдыс- ты цæстытыл. Иæ сæр йæ уæхсчыты нытътъыста, цыма йæ бамбæхсынмæ хъавыди. Дзургæ дæр раздæрау хъæрæй нал кодта — æвæццæгæн, ома Мадзинæ мын ма хъуса мæ ны- хас æмæ уал дзы кæд айрох уаиккам, æмæ ма кæд абадик- кам, ахъазиккам ма кæд. Фæлæ нæй, нæ айрох стæм Ма- дзинæйæ. Уайтагъд та нæм æрбадзырдта: — Æгъгъæд удхарæй мар лæппуйы, уæртæ Уырыс! Ацæут, дуæрттæ уыл сæхгæндзысты. Уырысби тынг арф ныуулæфыд æмæ уыцы улæфтæй алыг и — фестæм хъазт. Сæ фæдыл рацыдтæн. Цæхæрадоны дуармæ куы ахæц- цæ стæм, уæд мæм фездæхти Уырысби. — Сомизæр бирæ фæхъаздзыстæм, нæ? — Сомизæр — бирæ. — Уæдæ хорз, — фæраст и цæхæрадоны фæндагыл, йæ фæдыл Залдуз. Залдузы фæстæ — æз: æмбондмæ сæ бахæццæ кæнон. Иннæ изæрты-иу цæхæрадонмæ куы ра- хызтыстæм, уæд-иу уым, дуары сæрмæ цы цырагъ уыд, уый ссыгътон æмæ-иу, рухсæй талынгмæ куыд фæцæйцы- дысты, уымæ кастæн. Ныр мæхæдæг дæр семæ куы фæцæ- уæг дæн, уæд мын цырагъ æнæ сыгъдæй баззад, афтæмæй бахæццæ стæм æмбондмæ. Уырысби хæрдмæ хизыныл фæци. Стæй йæ нал ауыдтон, æрмæст ма æмбонды фале йæ къæхты тъæпп фæцыд, æвæццæгæн, æмбонды сæрæй ныггæпп кодта. Фæлæ Залдуз куы райдыдта æмбондыл хизын, уæд фæныхст мæ хъуыдыйы — цырагъ не ссыгъ- тон! Исдуг афæнд кодтон — фездæхон æм, ссудзон æй.
436 Хуыгаты Сергей Нæй! Уæдмæ Залдуз уæлæмæ хизыныл фæци æмæ йæм хæстæгдæр балæууыдтæн, мæ къух æм бадардтон. Уый мын мæ къухыл фæхæцыд æмæ йæ къæхтæй уыгард уыгарды фæстæ сгаргæ уæлдæрæй уæлдæр хызт. Уæллаг къæпхæн- мæ схæццæ, йæ иу къахæй йыл æрлæууыд, иннæ къах æм сцæй иста. Уыцы уысм уæллаг къах фæбырыд. Чызг фæхъæр кодта. Æз æм мæхи баивæзтон æмæ комкоммæ мæныл æрхауд — мæ уæрагыл абадт. Æвæццæгæн ын куы фæтар- стæн, уæд мæ къах къæпхæнмæ систон. Мæ цæнгтæ йæ уæлæ тыхтæй аззадысты. — Ахаудтæ, Залдуз! Ма ахау, Залдуз! — хъуыст æм- бонды фаллаг фарсæй Уырысбийы тыхст хъæр. Залдуз ныссабыр, æвæццæгæн, фæтарст æмæ дзурын нæ фæрæзта. Æмæ та уæд фæцыд Уырысбийы хъæр: — Исты ныццавтай, Залдуз? Æгæр ыл хæцыдтæн мæ хъæбысы, уый æмбæрстон. Суадзон æй, зæхмæ йæ аргъæвон куыд загътон, афтæ мæ улæфт мæ хъуыры фæцæйбадт — кæд æмæ йæ цонг уыди ме ’фцæгыл тыхт! Æмæ та фæсабыр дæн — куыд ын ай- хæлдтаин ме ’фцæгæй йæ цонг æмæ йæ куыд аргъæвтаин зæхмæ, гыццыл сывæллоны куыд аргъæвынц, афтæ. Стæй мæм уыцы уысм æрбайхъуыст йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп — цыма нырма ныртæккæ сгуыпп-гуыпп кодта, цыма мæн тыххæй сгуыпп-сгуыпп кодта, æмæ мæ уæнгтæ айдзаг сты уыцы фидар, уыцы иугæндзон гуыпп-гуыппæй. Мæхи зæр- дæ, цыма лæугæ ныккодта, уымæй уæлдай йын йе змæлын нал æмбæрстон. Стæй æвиппайды ауыдтон йе ’рфгуытæ Залдузæн — уыцы лæгъзæй февзæрдысты мæ цæстыты раз, æмæ цæхæртæ акалдтой мæ цæстытæ. Æмæ мыл дис бафтыди: æвиппайды мæм афтæ хæстæг куыд февзæрдыс- ты уыцы æрфгуытæ?! Æмæ ссыгътæн, ноджы хуыздæр куы федтаин уыцы æрфгуытæ, уый мондагæй, фæлæ кæсын мæ бон нал уыд. Улæфын дæр мæ бон нал уыд, æппындæр ницуал уыд мæ бон. Æрмæст ма уый æмбæрстон — мæ цæнгтæ тыхтон æмæ тыхтон ноджыдæр Залдузы уæнтыл. Раст уыцы рæстæджы мæ хъусты анæрыд Уырысбийы хъæр: — Цы ми кæнут?! Стæй ацыди уыцы хъæр, йæхи къултыл хойгæ, нæргæ ’мæ дзыназгæ, никуыдæм хæццæ кодта, нал ын фæстæмæ
Бæрбыйнаг изæртæ 437 здæхын æнтыст æмæ уд, цы фæудаид, уый нал зыдта. Уыцы цæстыфæныкъуылд ауыдтон йæхи Уырысбийæн — æмбон- ды сæр хъен лæууыди, цыма уый нæ уыди, Уырысби, фæлæ цыма хъæды лыггаг схъил чындæуыд уым æмбонды сæр. Æвæццæгæн ацырдæм æрбацæйхызт æмбондыл Залдузы хъæрмæ æмæ йæ рухс уым æрæййæфта, æмбонды сæр. Уо, уыцы рухс, уыцы! Цæмæн ма йæ хъуыди судзын?! Фæлæ Мадзинæйы къухтæ дæр ницæмæ фæлæудзысты. Æвæццæгæн, ома, рухсмæ æрбаздæха мæнæйуый. Цыма талынджы куы баздæхтаин, уæд дзæгъæл фæуыдаин! Уыдон ацыдысты, æз уым баззадтæн лæугæ. Рухс сыгъ- ди. Мадзинæ йæ быны лæууыди. Хъæу ныссабыр. — Габыл, цæмæ ма лæууыс? — ныр мæм цалдæр хатты æрбадзырдта Мадзинæ, фæлæ-иу мæ иувæрсты атахти йæ ныхас. Æмæ мыл уæд фæхъæр кодта: — Дæумæ нæ дзу- рын, нæ, уæртæ лæппу?! Хъæрмæ фесхъиудтон. — Ацу, æз дæр дæ феййафын. — Тынг мæ фæндыди, Мадзинæимæ куы нæ ацæуин мидæмæ. Цæмæй дзы тар- стæн, уый дзæбæх не ’мбæрстон, фæлæ дзы цæмæйдæр тарстæн. Нæ мæ ныууадздзæн, куыд ахъуыды кодтон, афтæ мæ хъустыл æрцыд кæйдæр къæхты хъæр æмæ мын фæт- куыл æхсызгон уыди! Ноджы къæхтыхъæр уыд махыр- дæм арæзт — уыцы зыст, уыцы стъæлфтæй æввахсæй-æв- вахсдæр кодта. Бæрæг уыд: разгъорыны фадат куы уаид, кæй къæхтыхъæр у, уымæн, уæд нæ ныллæууид æнæ раз- гъоргæ, фæлæ йын нæй, разгъора, уый фадат. Мадзинæ дæр ныссабыр, æвæццæгæн, уымæ дæр хъуысти уыцы къæхтыхъæр. Æмæ йæм куыд нæ хъуыстаид, æндæр куы никуыуал ницы уыди! Цымæ æмбондæн фале та цы хуы- зæн схизæн и? — кæцæйдæр æрцыд мæ хъуыдымæ. — Цымæ уыцырдыгæй дæр, уæлæнгай уыгæрдтæ кæй ныччынди, ахæм хъæды лыггаг хъил и æмбондыл? Æмæ мæ æрфæндыд — æмбонды сæрты куы ныккæсин. Æмæ ныккастаин, ардыггаг уыгæрдтыл слæууыдаин æмæ ныккастаин, фæлæ — уыцы къæхтыхъæр! Сызмæлын мæ нал уагъта. Стæй ауыдтон Залдузы — æрдæбон Уырысби кæм лæууыд æмбондыл, уыцы ран алæууыд. Æз æм хæрдмæ кастæн. Иæ дзыкку йæ риуыл æрдаргь и. Дзæбæх æй æвзæрстон: æвæццæгæн, æмбонды сæрмæ куы сцæйхызт, уæд рахауди йæ уæхсчы сæрты.
438 Хуыгаты Сергей — Биби цыдæр фæци! — фехъуыст мæм кæцæйдæр. Кæцæй, уый нæ бамбæрстон. — Чи фæци, чи, цыдæр? — фехъуыст мæм ноджы йæ хæдуæлвæд. — Биби! — Гæр, æмæ демæ нæ ацыд? — Мемæ ацыд, стæй алыгъд. — Мæнæ мæ Хуыцау федта — куыд алыгъд, кæдæм алыгъд?! — Талынг уыд, æмæ йæ нæ базыдтон, кæцырдæм алыгъд, уый, — Залдуз фæстæмæ хизыныл фæци æмбондæй. Æмæ æз дæр ныххызтæн йæ фæдыл. Æмæ мæм уырдæм, æмбон- ды фаллаг фарсмæ фехъуыст Мадзинæйы схуыст ныхас: — Гæррæтт судзин нæ уыд æмæ цъынайы нæ алæст. Гъæуым искуы уыдзæн! Уайтагъд агурынмæ фестæм. Фæлæ талынг цæхæрадоны дзæбæх акъахдзæф кæнæн нæ уыд. Ноджы дзы кæм хъæ- дурыхъилтæ акъултæ сты, кæм нартхор арвмæ фæцыд, кæм бæлæстæ ныллæг æруагътой сæ къалиутæ. Ацу æмæ афтæ- мæй исты ссар! Уæддæр агуырдтам. Залдуз-иу мæм куы æрбаввахсдæр, куы та-иу фæстæмæ адарддæр — йæ улæфт мæм хъуыст æмæ йæ уымæй зыдтон, æндæр æй уынгæ нæ кодтон. Иу ран иу къуылгондыл куыд суадтæн, афтæ мæ хъустыл æрцыд æнахуыр хъуыргъуындæг, цыма чидæр хуыдуг кодта, æмæ лæугæйæ аззадтæн. Залдуз мæм йæхи æрбаппæрста: — Уый у! Бæлæсты бын, кæддæр бæлæстæм дон кæуылты уагътой, уыцы донмарæны дæлгоммæ хуыссыди Уырысби — куыд- та æмæ удисæджы схъиуд кодта хæрдмæ. Æз йæ фарсмæ дзуццæджы æрбадтæн, йæ фæсонтæм ын бавнæлдтон æмæ йæм бадзырдтон мынæг хъæлæсæй: — Уырысби! Уый чысыл æдзæмæй аззад, уый фæстæ фестъæлфыд, йæ къæхтыл куыд алæууыд, уый нæ ауыдтон, стæй лæгæн æнæнхъæлæджы йæ размæ бирæгъ куыд фæуа æмæ ууыл куыд ныхъхъæр кæна, афтæ сонт хъæр ныккодта, ныз- зылд æмæ йæ кой дæр нал фæзынд. Æрмæст ма уыцы хъæ- ры азæлд аззади мæ алыварс. Æмæ иу хъуыды февзæрд мæ сæры — кæд, мыййаг, Уырысби нæ уыд, кæд æндæр
Всербыйнаг изæртæ 439 исчи уыд? Уæдæ Уырысби уай æмæ афтæ сонт стад фæкæ- най зæххæй æмæ афтæ фæтары уай! Залдуз лæууыд мæ фарсмæ. Дзæбæх æй нæ уыдтон, фæлæ ризгæ кæй кодта, уый æмбæрстон. — Ацу, — бадзырдтон æм. — Ныр мидæгæй уыдзæни. — Куыннæ — мидæгæй! Æнæуи дæр мæстыйæ æддæмæ лидзы, — загъта Залдуз, йæ дæнгдæгты къæрцц фæцыди. — Æмæ мæстыгæр у? — Уæдæ нæу! Иу пæртт скæны. Йæ цин дæр — афтæ, йæ маст дæр. — Ныр кæдæм алыгъдаид? Нæхи цæхæрадоны нал уыдзæн, æвæццæгæн, уартæ Гæбæлаты цæхæрадоны искуы бамбæхст. — Гъомæ кæугæ та цæуыл кæны? Залдуз иу-дзæвгар ницуал загъта, стæй арф ныуулæфыд. — Нæ зонын. — Цом, уæд Гæбæлаты цæхæрадонмæ. — Нæгъ! — фестъæлфыд Залдуз. — Ды мауал рацу. Æрдæбон дæр мемæ куы нæ уыдаис, мæхæдæг æм куы сдзырдтаин, ды йæм куы нæ сдзырдтаис æрдæбон дæр, — загъта æмæ араст и. Æрæджиау æз дæр бацыдтæн йæ фæдыл кауы онг. Залдуз никуыцæй зынд, æвæццæгæн, кауыл бахызт. Исдуг афæнд кодтон, бахизон æз дæр æмæ йæ фæдыл ацæуон. Фæлæ нæ бахызтæн. Æнахуыр æгуып- пæг талынг уыд, цыма мæ алыварс бирæ ногамад хосы мæкъуылтæ уыд æмæ бадгæ кодтой сæхи мидæг, уыйау йæ сабыр сыр-сыр цыд талынгæн. Цасдæр фæлæууыд- тæн, стæй разылдтæн æмæ раздæхтæн. Æмбондыл æрба- хызтæн, кæсын æмæ уартæ рухсы бын — Мадзинæ! Куыд нæ мæ фæндыди Мадзинæйы цурмæ цæуын! Афæнд код- тон — фæстæмæ бахизон æмбондыл. Фæлæ мын уый гæ- нæн дæр нал уыди: афтæ мын нæ загътаид, уыцы æмбон- дыл дæ дæ хæйрæджытæ бафтыдтой, цы йыл рахиз-бахиз кæныс дыууæрдæм?! Нæ мын загътаид, уогъ, нæ зыдтон Мадзинæйы дзыхы ахаст?! Æмæ лæууыдтæн æмбонды цур. Фалæмæ-иу бирæ фæкастæн æмбонды сæрты Уырыс- биты хæдзары ’рдæм æмæ-иу талынгимæ бынтондæр куы сиу дæн, цæстытæ мыл и æмæ уынгæ кæнын, уый бæрæг- иу куы нал уыд, уæд та-иу фæстæмæ ракастæн, рухсмæ æмæ та-иу фегом и уыцы талынг дуне. Фæлæ рухсмæ
440 Хуыгаты Сергей бирæ кæсæн нæ уыди, йæ быны лæууыди Мадзинæ, цыма йын хъахъхъæнæгæй куыста, уый хуызæн æмæ дзы тыхстæн, тарстæн ды. Тынг мæ фæндыди — мидæмæ куы ацæуид, иунæгæй куы баззаин ацы стыр талынг æмæ уæртæ уыцы гыццыл рухсимæ. Æмæ-иу бирæ фæкастæн æмбонды сæрты талынгмæ, кæд цалынмæ фæстæмæ рухсмæ ракæсон, уæдмæ ацæуид, фæлæ та-иу куы ракастæн, уæд— уартæ лæууы! Иухатг бирæ фæкастæн талынгмæ, тынг бирæ, иннæ хæтты- тæй бирæ фылдæр, мæхицæн загьтон: гьеныр дæр нæма ацы- даид уæдæ?! Куы ракастæн фæстæмæ, уæд æцæг рухсы бын уыди афтид æмæ тынг бацин кодтон — гьеныр лæудзынæн æмæ лæудзынæн, цалынмæ уый базонон, ссардта Уырыс- бийы Залдуз, уæдмæ. Уæртæ сæ тыргъмæ куы схизой æмæ рухс куы ссудзой, уæд ма мын æй цы зонын хъæудзæн?! Раст уыцы тæккæ уысм хъæрæй куы сдзурид Мадзинæ! — Цы ныссуйтæ стут, уæ мæрдтыстæн. ацы ’хсæв! Æз фесхъиудтон — йæ ныхасæй йын фесхъиудтон, æви йæ æнæнхъæлæджы кæй ауыдтон мæ тæккæ раз, уымæй — нæ йæ рахатыдтон. — Уырысби цæуылдæр фæтæргай, — æнæбары бахъуыр- хъуыр кодтон æз. — Цæуылдæр фæтæргай! — сдзырдта уыцы схуыст хъæлæсæй Мадзинæ æмæ фæсабыр. Æз бамбæрстон — йе схуыст мердæм арæзт уыд ныхасæн. Ноджы мын мæхи ны- хæстæ кæй загъта, стæй афтæ цæхгæр кæй фæлæууыд æмæ афтæ æдзæмæй кæй аззади уыцы талынджы, уыдæттæй цы- дæр тас абадти мæ зæрдæйы бын. Цас фылдæр лæууыд уыцы æдзæмæй Мадзинæ, уыйас уыцы тас тыхджынæй тыхджындæр кодта, мæ цæнггæ та лæмæгъæй лæмæгьдæр кодтой. Иу рæстæджы йæ мидбынаты æрзилæгау кодта, стæй мæ бафарста: — Ныр цы фæци? — Ам цыдæр æрбаци. — Мацы знаггад æруадзæд. Суцца у, мæстыгæр. Уæд ын йæ тæригьæд бахæрæд, уый уыцы хуызæнæй цы Хуы- цау радта, уый. Алæ-ма, уæд та йæ мах дæр ацагурæм. Æз цыма ницы фехъуыстон, афтæ лæууыдтæн. Æмæ та мæм уæд æрбадзырдта. — Зæгъын, ацагуриккам æй мах дæр. Искуы куы ных- хуысса уазал зæххыл æмæ куы бафынæй уа.
Бæрбыйнаг изæртсе 441 Тынг мæ æрфæндыд — кауы сæрты багæпп кæн, азгъор талынг цæхæрадоны, Залдузы ссар æмæ Уырысбийы агур æмæ агур, цалынмæ йæ ссарай, уæдмæ, цас æй æрæгмæ дæр ссарай, уыйас ноджы хуыздæр. — Фæлæуу-ма, фæлæуу, æмæ ныр чызджы иунæгæй куыд ауагътай ацы талынджы? Цæсты къух куы фæтъыс- сай, уæд æй куы нæ фендзæни лæг, уæд афтæ фæчындæуы?! Æнæ дзургæ мын нал уыд æмæ бахъуыр-хъуыр кодтон: — Нæ мæ ауагъта, фæцæйцыдтæн æмæ. — Чи? — æнæнхъæлæджы хъæрæй мæ афарста Мадзинæ. — Йæхæдæг, æндæр чи! — Залдузы ном загътаиын, уый мæ нæ фæндыди. — Чи — йæхæдæг? Уырысби? — Цæй Уырысби! Уырысби ма ам цы ми кодта? Йæ хо. Мадзинæ ницуал загъта. Лæууыди æмæ лæууыди. Стæй та йæ мидбынаты æрзилæгау кодта, æмæ араст и уартæ рух- сырдæм. Æз дæр араст дæн йæ фæдыл — уæдæ ма куыд лæууыдаин! Афтæмæй мæ куыд нæ фæндыд Мадзинæимæ цæуын! Ныр мæ фæрсынтæ куы райдайа, уæд ын кæцæй æрхæсдзынæн дзуаппытæ! Уæддæр цыдтæн талынджы гуырæй-гуырмæ йæ фæдыл. Цырагъы бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд æрлæууыд Мадзинæ. Æрлæууыдтæн æз дæр. — Иу хъуыддаг дын зæгъынмæ хъавыдтæн æмæ мыл мæрдырох бафтыд, — цыдæр цауд хъæлæсæй райдыдта Мадзинæ, стæй йæ къух йæ раздарæны бынæй сласта, цырагъырдæм æй æртхъирæнгæнæджы тылд бакодта — йæ хо нæу, нæ, Залдуз. Йæ хо куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ йæ хо нæу, нæ. Цыма не ’хсæн исчи фæмидæг и Мадзинæимæ æмæ мæ фæстæмæ асхуыста, уыйау фæцудыдтон, цалдæр къахдзæ- фы акодтон фæстæмæ æмæ кауыл банцадтæн, гыццыл цæхæрадоны алыварс цы кау уыд, ууыл.Уый мæ æрцардта, кау афтæ хæстæг кæй разынди, уый, æмæ уырдыгæй, кауы æнцой лæугæйæ, бадзырдтон Мадзинæмæ: — Куыд нæ у йæ хо?! — Нæу æмæ афтæ. Чысыл ма алæууыдтæн æмæ та бадзырдтон: — Уæдæ кæй хо у? Мадзинæ мæм гуыбыр-гуыбыр хæстæгдæр балæууыд. — Цы хуызæн фæрстытæ мæ кæныс, цы?
442 Хуыгаты Сергей Æз æм ницы сдзырдтон. Уый чысыл алæууыд æмæ та мæм аербагуыбыр и. — Ие ’фсымæры ус æй йемæ æрхаста Базыронæн. Кæм- дæр ма чындзы цыд уыди ’мæ уырдыгæй. Стæй сын цот куы рацыд ам, уæд сæм адон ныххатыдысты, а нæхиуæт- тæ æмæ сын æй радтой. Сæхицæн ницы рацыд, Уырысы йеддæмæ, уæд сын сæ тæригъæд бахæрæд се ’намондгæ- нæг. Æмæ дын уартæ кæд æмæ кæд зæгъынмæ хъавыд- тæн: йæ хо нæу. Æмæ мын цыдæр фыдбылызтæ ме ’взаг ныббастой. Æндæр дæ куыд нæ афæдзæхсгæ фæдæн — цъыззыйыкъуылых у а Уырыс, гыццыл ницæуыл дæр тæр- гæйттæ кæны æмæ дзы дæхи хиз. Мадзинæйы ныхæстæ мын мæ риуы къултæ ныххостой — æмбæрста йæ, æмбæрста Мадзинæ, Уырысби цæуыл фæ- тæргай, уый. Мидæмæ куыд бахызтыстæм, уый нæ бахъуыды код- тон, куыд фæхицæн стæм, уый дæр нæ бадардтон мæ зæр- дыл. Хъуыды кæнын: бадтæн ме стъолы уæлхъус æмæ æдзæмæй кастæн мæ гæххæттытæм. Бадын нæ фæрæзтон, уæддæр бадтæн, стæй сыстадтæн, рудзынджы раз æрлæу- уыдтæн, фæлæ лæууын дæр нæ фæрæзтон æмæ зилын рай- дыдтон ме стъолы алыварс. Фыццаг ацы изæры хабæрт- тыл хъуыды кодтон, стæй адзæгъæл дæн иннæ хабæрттæм æмæ диссаг! Мæ разы сыстадысты уыйæппæт изæртæ, ам Бæрзбыны кæй арвыстон, уыдон æмæ цыма изæртæ нæ уыдысты, чи æрцыд æмæ чи ацыд, ахæм изæртæ, фæлæ цыма нывтæ уыдысты æмæ мæ разы ауыгъдæй лæууыдыс- ты, нывты равдысты куыд фæлæууынц нывтæ ауыгъдæй, афтæ. Æмæ сыл зылдтæн æз — сæ иуæй цыдтæн сæ иннæ- мæ. Æмæ мыл цин бахæцыд — хъæлдзæг цин нæ, æнкъард цин. Цыдтæн сæ иуæй се ’ннæмæ. Лæууыдтæн сæ разы. Фæстæмæ здæхтæн æмæ сæм кæсынæй не ’фсæстæн, ныв- гæнæг йæ царды хуыздæр бонты цы нывтæ скæны, уыдон- мæ куыд нæ фефсæды кæсынæй, афтæ сæм кастæн. Ду- нейыл æппындæр ницуал уыд уыцы нывты йеддæмæ. Æмæ сыл хъуамæ зылдаин æмæ зылдаин, хъуамæ сæ цалдæр- гай цыдтытæ бакодтаин алкæмæ дæр, уартæ æппæты фыц- цаг изæрæй райдай æмæ мæнæ ацы изæрыл фæу. Хъуамæ сæ Цалдæр лæуды æркодтаин алкæй раз дæр. Фæлæ сæ иуафон æвзæр уынын райдыдтон æмæ мæ зæрдæ къултыл
Бæрбыйнаг изæртæ йæхи бахоста: цы ’рцыди?! Уый бонырухс æрхъуызыд æрвгæрæттæй æмæ уый аххос уыд, уымæн сæ æвзæр уынын байдыдтон. Уыдонмæ бонырухсмæ кæсæн нæ уыд, уыцы изæртæм, нæ зындысты бонырухсмæ. Æмæ ма иу цæуылдæр тыхстæн мæхимидæг: ардыггаг изæр- тæм нæ бафтыдтæн, мæ удмæ сæ хæстæгдæр æмæ æв- вахсдæр чи уыди, Залдуз кæронæй кæм нал лæууыди райдианы изæртау, йæ лæгъз æрфгуытæ æмæ мæм йæ бæрзонд ных хуыздæр кæм зындысты, уыдонмæ. Бам- бæрстон, тыхст-иу цæмæн уыди, уый дæр. Уырысбийы хъæрæй йæ бамбæрстон. Ныр уый бынтон æндæр Уырысби уыди. Пецы фарсмæ-иу худгæ чи бадт, риф- мæтæй хъазын бирæ чи уарзта, сомæхсæвмæ йæхи бирæ хъазынмæ чи цæттæ кодта, уыцы Уырысбийæн йæ кой дæр нал уыд. Уый ныр лæууыди æмбонды сæр хъæды лыггагау растæй æмæ уырдыгæй хъæр кодта йæ хъæлæсы дзаг: — Цы ми кæнут?! Охх, Уырысби, Уырысби!.. Мæ гæххæттытæ бамбырд кодтон, мæ гæххæттæвæрæ- ны сæ афснайдтон, фæлæ ма æддæмæ рахизынæн раджы уыд æмæ та ме стьолы алыварс зилын райдыдтон. Афтæмæй мæ стьолы алыварс зилын дæр нал фæндыди — уыцы изæртæ нал уыдтон æмæ цæуыл зылдаин! Æрлæууынмæ-иу хъавыдтæн, фæлæ-иу не’ рлæууыдтæн, — цы ми кодтаин, куы æрлæууыдаин, уæд! Куыддæр мæм уынджы змæлд æрбайхъуыст, афтæ мæ гæххæттæвæрæн райстон æмæ асинтыл æрхызтæн. Кæрты дуармæ ахæццæ дæн, æмæ Мадзинæ мæ размæ фæци æд лæдзæг — æвæццæгæн, се стурты хъоммæ аздæхта. Исдуг мæм джихæй баззад, стæй мын мæ гæххæттæвæрæнмæ ацамыдта йæ лæдзæгæй: — Уыдон та дын кæцырдыгон митæ сты, мæнæ лæппу?! — Иу хъуыддаг мæ байрох и, ардæм куы цыдтæн, уæд. Ардæм тагъд кодтон æмæ мæ байрох и. Куыддæр дзы фервæзон, афтæ фæстæмæ ам æрбалæудзьшæн, — ме ’взагыл цы бадт, уый дзырдтон æнæрлæугæйæ. Мадзинæ мæм комкоммæ каст. Йе ’рфгуытыл-иу сындæг- гай схæцыд æмæ-иу сæ сындæггай æруагьта дæлæмæ дæр. — Гъæ, уæд уæ уыцы тасаг æмæ хауагæй цы Хуыцау сфæлдыста, уымæ мацæмæй бакуывдæуа!
444 Хуыгаты Сергей — Куыддæриддæр алыг уа уыцы хъуыддаг, афтæ фæстæмæ ам æрбалæудзынæн, загътон та уыцы æнæрхæц- гæйæ. Мадзинæ йæ лæдзæджы фындзæй зæхх æркъуырдта. — Иу цонджы хуызæн ма акæнай дæ хъуыддæгтæ иууыл- дæр! Æз цыдæргъуызон фæсастæн уыцы ныхасæй, уæддæр та райдыдтон: — Куыддæр дзы фервæзон... Фæлæ мæ Мадзинæ дзурын нал бауагъта. — Æгъгьæд дын, зæгъын, уый дын фервæзон æмæ нæ фервæзон! Æмæ дын уæртæ æртæ кæрдзыны ракодтаин, уæд та дæм де ’мбæлттæй исчи æрбауади, уæд дæм цæмæ скæсдзæн! — иу карк, иу графин арахъхъ. Хæдзарæй цæ- уыс, дæ мадыхойы хæдзарæй! Нæй, нæ састæн æз дæр: — Мæнæ фæстæмæ куы æрцæуон æмæ куы здæхон... — Æнæ æрцæугæ фæуай! Уыцы ныхас йеддæмæ мæ нал хъуыди: бамбæрстон æй — зыдта Мадзинæ, цæуыныл цæмæн фæдæн, уый. Уынджы ма цалдæр хæдзары рæзты бахызти мемæ, стæй æр л æу у ыдыстæм. — Аздæх ныр, — загътон æз. Йæ раздарæнмæ кæсы- ныл ын фæдæн: йæ раздарæн кæдæй-уæдæй уыди афтид. Æмæ мæхи фæхъæлдзæггъуыз кодтон. — Æз дын ног раз- дарæн æрхæсдзынæн. Кæс-ма-иу. Мадзинæ ма мыл иу хатт йæ цæст æрхаста. Йæ сæр йæ иу уæхскыл æркъул кодта, йе ’ннæ уæхскыл æй æркъул кодта, æмæ мæ бон дзурын нал баци. Уым æй лæугæ ныууагътон, уынджы астæу. Декабръ 1998
Рагрухс æмæ фидæн Уый, цыма, знон уыди: æртæ райдайгæ авторы - Хуыга- ты Сергей, Джыккайты Шамил æмæ ацы рæнхъыты автор, — цинæй хæрдмæ хаугæйæ, кастыстæм нæ фыццаг æмдзæвгæты корректурæ Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагьдады. Иумæ- йаг æмбырдгондæн йæ ном хуынди «Бонвæрнон». Уæд базон- гæ дæн лæгæй-лæгмæ Хуыгаты Сергеимæ. Уæдæй абонмæрацыди дыууиссæдз азæй фылдсер, куыстам иумæ телеуынæны, чиныгуадзæны, афтыдыстæм-иу осергъвсетин бал- цыты — Мæскуыйæ райдай æмæ Лабæйæ фæу. Æмæ никуы фæ- худти мæ зæрдæ Сергейыл, никуы йæм фехсайдта мæ зæрдæ æдзæстуарзонæй, былалгъныхасгæнагæй. Сæйрагдæр та — æппсет ацы азты дæргъы кодта æмæ ксены уæхскуæз фыдæбон нæ аив дзырды хосгæрсты. Æмæ ныр, йæ æвдай азы кары бæрзонд æфцæ- гæй куы афæлгæсы, уæд йæ цæст суыны бирæ бæллиццаг уацмыс- тæ — прозæйы, поэзийы, публщистикæйы, аив тæлмацы... Авторы фыццаг уацау «Æхсырласæг» мыхуыры фæзынди 1973 азы. Куыддæр рацыди, афтæ йыл мæ хъуыдытæ ныффы- стон («Мах дуг», 1973, № 7), фæстæдæр та уыцы рецензи рацыди журнал «Дон»-ы. Ныры цæстæй кæсгæйæ, чи зоны, рецензийы хицæн бынæттæ гуырысхойаг сты (аивадон-эсте- тикон æгъдауæй), фæлæ дзы уæддæр æрхæсдзынæн цалдæр хъуыдыйады, уымæн æмæ ацы миниуджытæ бæрæг дарынц, автор уæдæй ардæм цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдоныл дæр: «Уацауы архайдæн кæрæй-кæронмæ ис æвæджиау юморис- тон фон. Автор уарзы йæ хъайтарты се ’ппæты дæр, нæ сæ дих кæны «хæрзтыл» æмæ «æвзæртыл» æмæ сын миобылхуд- гæ æвдисы сæ сахъæттæ, сæ митæ, сæ цард. Мæ хъуыды ба- фидар кæнынæн æрхæсдзынæн, уацауæн къаннæг прологау чи у, уыцы абзац (уымæй райдайы уацмыс): «Æхсырласæгæн уыди стыр фындз. Уæвгæ йын ахæм стыр фындз дæр нæ уыди, фæлæ адæм диссаг сты: иугæр иуы дзы- хæй сирвæзти, Данелæн стыр фындз и, зæгъгæ, уæд æгас хъæубæсты æндæр ныхас нал уыои...» Уый фæстæ цæуын байдыдтой Сергейы прозаикон уацмыс- тæ — радзырдтæ, уацаутæ, роман. Се ’ппæты дæр бæрæг дары иу бæллиццаджы хъуыддаг: автор цæуыл фыссы, уый иын агайы йæ зæрдæ, уый йæ амидин кæны фыссынмæ, афтæ нывæфтыд æмæ йæ цæрæццагсей дсер уымсен свсеййы йæ бон чиныгкæсæджы раз æрæвæрын. Ацы хъуыдытæн уæлдай ирд æвдисæн сты, йæ лирикон ахастæй зæрдæ хурварс чи авæры, уыцы уацау «Мæ
446 Хуыгаты Сергей уарзон цагъд», царды уæззау фæзилæнтæ цæстыты раз удæ- гасæй кæм сыстынц, уыцы «Хохаг уацау», æмæ йæ зынтæ йæ цинтæй фылдæр кæмæн сты, ахæм хъæуион дуне парахатæй кæм зыны, уыцы роман «Ацы хъарм хуры бын». Хицæн койы аккаг сты Сергейæн йæ хъæлдзæг радзырд- тæ. Уыдонæй иу чиныг — «Гъе, уый дын Хепа» — мыхуыры рацыд 1990-æм азы. Ацы чиныджы хæдразмæ цы чиныг рауагъта Хуыгайы-фырт, «Урс изæртæ», зæгъгæ, уым ис цалосер радзырды æмæ дыууæ уацауы. Радзырдты кой нæ кæндзынæн, фæлæ уацауты тыххæй цыбырæй æнæ зæгъгæ нæй,уымæн æмæ, мæнмæ куыд кæсы, афтæ- мæй сæ иуæй иннæ у ноджы цымыдисагдæр хьуыддæгтыл фыст. ...Дардхæххон хъæумæ æрцæуы ахуыргæнæг, йемææрхæс- сы нывæдз (уацау «Нывæдз»). Нывæдз у, скъолайы географийы уроктæ цы картæмæ гæсгæ фæамонынц, уый ирон ном. Райдайы Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ ахуыргæнæг дæр хъæуы иннæ лæгтимæ ацæуы хæстмæ. Нывæдз баззайы, скъолайы къулыл ауыгъдæй, æмæ хъæуы сывæллæттæ райсомæй изæрмæ, цалынмæ сæ цæст уыны нывæдзы ахорæнтæ æмæ фыстытæ, уæдмæ йæ разæй нал хизынц — чи сæ, йæ фыд кæм и, уый агуры, чи — йе ’фсымæр кæм и, уый... Уæдмæ скъоламæ цæуын байдыдтой хъæуы устытæдæр, æмæ сын лсеппутæ агуырдтой, сæ лæгтæ кæмыты сты, уыцы бынæттæ. Æмæ-иу устыты сæ къах нал хаста нывæдзы разæй сæ афтид хæдзæрттæм. Афтæмæй нывæдз хуымæтæг нывæдз нал уыд, уый сси хъæубæстæн сæ ис-сæ бон, сæ цыкурайы фæрдыг... Иннæ уацауы та («Урс доны былыл — сау фæрдыг») зонадон институты кусæг аацæуы иу дард хъæумæ, хъуамæ рагон ирон дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ æрæмбырд кæна æмæ сын чиныг ныффысса сæ коно, сæ арæзтыл. Уым, хъæуы,цæмæй æдзæст- хизæй хъуса хъæууон адæмы ныхасмæ, уый тыххæй йæхи равди- сы æнæхицау, æнæхæдзар æрцæуæг лæгæй æмæ куысты ныл- лæууы, адæм фылдæр кæм змæлынц, уым — колхозы кæрты дуаргæсы бынаты. Уым, цæмæй, цы куыстгæнæг у, уый мачи оазона, уый тыххæй йæхи куыд хъахъхъæны, колхозы хицæут- тсей йыл иуæй-иутæ куыд гуырысхотæ кæнынц, «чекист» сенхъæл ын куыд сты, марынвæндтæ йыл куыд ксенынц, уыдæттæ афтæ ирд æмæ нывæфтыдæй æвдыст цæуынц, æмæлæг худгæ дæр фæкæ- ны æмсе хъуыды дæр ныккæны а царды бирæ хъуыддæгтыл. Сфæлдыстадон æнтыстыл банымайын хъæуы, мæнæ ацы чиныджы цы роман цæуы, уый — чиныг хуыйнгæ дæр романы номæй кæны — «Нарты Фарнæг». Нарты кадджытæм йæ хъус чи дары, уый хъуыды кæндзæн — Фарнаг нарты гуыппырсарты ухсæн стыр бынат нæ ахсы. Кадожытæй дæр иу-дыууæйы разыны æрмæст. Фæлæ, цы зондыл хæст уыди,
Рагрухс æмæ фидæн 447 цы хъуыдытæ хаста нарты ’хсæнмæ, уыдонæй бынтондæр хи- цæн ксены иннæ нартæй, йæ ном айхъуысы сыхаг адæмтæм дæр. Нартсе тыхы дуджы цардысты, æмсе, ссе лæгдæртыл ны- мад цыдысты, кардыл фидардæр чи хсецид, фатæй рсест- дзæвиндæр чи уыди, уыдон. Фарнæг та афтсе нымаота - кард æмæ фатæй цард аразæн нæй, уыдон цард халынæн арæзт æрцыдысты. Лæг лæгмæ хæцæнгарз хъуамæ ма иса, — афтæ фселгъуыдта йæ зонд æмæ афтæ карста йе ’взаг Фарнæгæн. Хæцæнгарз хъуамæ уа æрмæст, цуаны чи цæуа, уыцы лæгмæ. Хъуамæ иу адæм иннæ адæммæ ма бырса фæфос кæныны сæ- раппонд. Ныхас — хъарм ныхас, фæлмæн ныхас хъуамæ уа нартæ æмæ, сæ алыварс цы алыдин, алыгъæд адæм цæры, уыдоны ’хсæн. Уыцы хъарм ныхас сæ куыд æрбаиу кæна, уый сын куыд бамбарын кæна кæрæдзийы, афтæ дунейы хæ- цæнгæрзты бон дæр нæ бауыдзæн. Æмæ йæ митæ, йæ ныхæс- тæ хус æмæ мæнгуд не сты, — чиныгкæсæг æууæнды, раст кæй сты, ууыл. Иу ныббырстмæ та сæхи куы цæттæ кодтой нартæ, уæд ахсем ныхас ракодта нарты стыр Ныхасы Фарнæг: «Æмæ кæд афтæ барæй бакодта Хуыцау, кæд сын нæ раг- фылдæлы уымæн æрцæрын кодта се ’хсæн, цæмой сын йæ рагрухсæй иуцъус барухсдæр кæна сæ цард — Сæуæссæ раг- рухс у ’мæ алырдæм æрттивы — стæй та мах, йæ байзæддаг Сæуæссæйæн, рухс дарæм сæ цардмæ æмæ æрмифицаугæйæ ма цæуой сæ фæноагыл, срæлæ йæ ’взарой, æмæ сæ кæд искæмæн йæ зæрдæйыл нæй хъустæ, уæд уыцы рухсмсе æрзаид хъустæ йæ зæрдæйыл æмæ адæмы хъæр хъусын байдаид...» Нартæ, тохарæзт æмæ стæрмондаг нартæ, кæм хъуыстой ахæм ныхæстæм! Уыдон куыд нымадтой, афтæмæй, сæ алы- варс чи цæры, уыдон сты иууылдæр се знæгтæ, знагимæ та дзурын хъæуы карды ком æмæ арцы фындзæй æрмæст. Фæлæ нæ сæтты Фарнаг, уымæн æмæ фидарсей æууæнды, цы фæндагыл лæуд у, уый раст фæндаг кæй у, æндæр фæндаг кæй нæй фидæнмæ. Æмæ та ног æмæ ногæй аздæхы нарты лæппутæм: «Æмæ æцæг лæгау-лæгæн уымæй егъаудæр хæс не ’вæры Хуыцау йæ разы — хорзы бацу! Хорзы чи бацæуа, уый рухс хæссы. Стæй уыцы рухс æндæр рухс у — рæстæджы бар ыл нæ цæуы, хуысгæ нæ кæны уыцы рухс, мыггагмæ судзы уый. Æмæ, раджы уа-æрæджы, уыцы рухс кæдæм бахæссай, уым сендсер рухс ма стæпп ксена, уый гæнæн куыд и! Æмæ ма хуыздæр цы уа зæххыл — дæ рухсмæ рухс стæпп кодта кæмдæр!» Ахæм ахсджиаг ныхас кæм вæййы романы, уым рахизы рит- микон ныхасы уагмæ — уый йæ кæны æлвæстдæр, нуарджындæр, уый йын дсетты, адæймаджы ныфсчи уадзы, ахæм бархъомыс. ХОДЫ Камал
Сæргсендтæ НАРТЫ ФАРНÆГ. Роман 5 ТÆРИГЪÆД. Радзырд 336 УТÆХСÆНТЫ БОН. Радзырд 354 ТÆРХОН. Рæдзырд 376 БÆРЗБЫЙНАГ ИЗÆРТÆ. Радзырд 406 Рагрухс æмæ фидæн 445 Литературно-художественное издание ХУГАЕВ СЕРГЕЙ ЗАУРБЕКОВИЧ Нарт Фарнаг Роман и рассказы на осетинском языке Редактор Л.Е.Валиев Художник и художественный редактор Г. 3. Чеджемты Технический редактор А. В. Ядыкина Корректор Э. Дз. Баликоева Сдано в набор 12.01.04. Подписано в печать 12.12.04. Формат бумаги 60х84У16 Бум. офс. Лг°1. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.п.л. 26,04. Учетно-изд.л.21,08. Тираж 1000 экз. ЗаказХ°25. . С 15. Комитет Ресиублики Северная Осетия — Алания ио печати и делам издательств. Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. ОАО издательско-полиграфическое предприятие им.Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.