Автор: Къæбысты 3.3.  

Теги: роман  

Год: 1989

Текст
                    КЪÆБЫСТЫ ЗАУЫР
е:
шптм г
)!
РОМАН
Рауагъдад «Ирыстон»
Цхинвал 1989


84 Осет. 7—4 К 12 Редактор М. Р. Казиты Къæбысты 3. 3. Зæрдæйы зæлланг. Роман. Цхинвал.. Рауагъдад «Ирыстон», 1989. Къæбысты Зауыр йæ уацмыстæй бирæ хæттыты ба- рухс кодта ирон чиныгкæсæджы зæрдæ. Ныр та сæ тæр- хонмæ хæссы йæ ног роман «Зæрдæйы зæлланг». Автор дзы æвдисы, Фыдыбæстæйон хæсты дуджы, стæй уый хъæдгæмттæ æндидзын кæныны заман Тыны хъæуы цæрджытæ цы дудгæ фыдтæ æййæфтой, æмæ зындзи- нæдтыл куыд уæлахиз кодтой, уый. К ^2500201 17-1989 14 М 622 (0в)—89 ф Издательство сИрыстон», 1980.
Æнæконд хуымы астæу коса зæххыл бады Хуыга. Ба- ды, йæ хъуын кæмæн ныннымæт, ахæм фысдзармыл. Ба- ды даргъкъах æмæ уæнтæхъилæй. Йæ гуыр размæ гæ- зæмæ фæтасыд, афтæмæй дыууæрдæм уыцы сындæг разил-базил кæны йæ гуыр. Гуыримæ зилы сæр дæр. Цæстытæ уыцы фæлладгъуыз сты æмæ æнæныкъулгæйæ кæсынц зæхмæ. Афтæ лыстæг кæсынц, афтæ, æмæ лæг зæгъдзæн: ацы мæгуырæн йæ мады судзин фесæфт. Йæ мад ын чысылæй йæ хæдон æмæ йæ хæлафы скъуыдтæ кæмæй æмпъызта, уыцы судзин ын фесæфт. Ацы ран ын фесæфт æмæ йæ мæрдты дæр нæ рох кæны. Иæ мад. Уырдыгæй дæр лæгъзтæ кæны йæ иунæг хъæбулæн, цæ- мæй йыи æй бацагура. Æмæ Хуыга уыцы судзин агуры- ныл сифтыгъта йæ фæлмæмбæрзт фæллад цæстытæ. Сæр æмæ гуыримæ зилынц, гуырæн аздыхсæн кæй онг ис, уый бæрц, æмæ агурынц зæронд усы судзин. Чысыл фалдæр кауы михыл йæ къухты æнгуылдзтæ стыхта иу бæрзонд, фидæрттæ конд сылгоймаг. Къухты уæлæрмттæм йæ тымбыл роцъо æрхаста, афтæмæй лæу- уы æмæ кæсы Хуыгамæ. Йæ хурсыгъд цæсгом худы. Худы йын ахæм æрхæндæг худтæй, æмæ дзы зæрдæ уынгæг кæны. Худы йæ цæсгом мæстæг худтæй, афтæмæй хъа- рæг-худын æмхæццæ хъæлæсæй дзуры Хуыгамæ: — Дæ мады судзин агурыс, Хуыга? — О, мæ мады судзæн агурын, — йæ куыст нæ ныу- уагъта, йæсæрыл дæр не схæцыд, афтæмæй йын дзуапп радта Хуыга. Æмæ йæ нæма ссардтай? Нæма йæ ссардтон, Цуца, фæлæ йæ куы ссарон, 3
уæд дын æй æнæмæнг ратдзынæн, — цыма йын стыр хæр- зиуæджы бацæуинаг у, уыйау ын ныфс авæрдта. — Æмæ д'-*ы цы кæнын? — барæй йæхн фæдисгъуыз кодта Цуца. — Ратдяынæп дын æй æмæ дзы дæ дзых æпгом бам- пъуз. — Цæмæн, Хуыга? — ныр æцæгæй бадис кодта ус. — Сайæн ныхæстæ дын бнрæ кæны æмæ уымæн. Куы йæ бампъузай, уæд дын никæйуал сайдзæн, æмæ алчи йæхицæн йæ мæгуыры цард кæндзæн... — Ха-ха-ха! — тынг ныххудт Цуца. Ныххудт тынг æрхæндæг худтæй. х Цуцайы худынæй хъуамæ фестъæлфыдаид Хуыга, фæлæ раст уыцы уысм цæстытæ цæмæдæр фæкомкоммæ сты æмæ йæм йæхи баппæрста. Йæ цыппæртыл алæууыд. Исдуг уыцы æдзынæг фæкаст иу быкатмæ. Цыма, агур- гæ цы кодта, æцæгæй дзы уый ис, ави нæ, уый бæрæг код- та, афтæ йæм æдзынæг фæкаст, стæй йæ гуыры уæз иу- уылдæр галиу къухыл æруагъта. Рахис къухы æртæ æн- гуылдзы уырзты кæрæдзимæ бангом кодта. Арæхстгай нывнæлдта зæхмæ æмæ дзы цыдæр, хæрз гыццыл цыдæр систа. Йæ цонг каейонг æххæст, уыйонг дард æй акодта. Уырдыгæй йæ сындæггай хæстæгдæр кæны йæ цæстытæм æмæ уыцы æхсызгон цæстæнгасæй кæсы, йæ æртæ æн- гуылдзы уырзты ’хсæн цы ныхысæрыйас дур ис, уымæ. Дзæвгар æм фæкаст, стæй йæ уæззау къахдзæфтæй ахас- та хуымы дæллаг кæронмæ. Хæлд кауы сæрты йæ дард, тых æм цас уыд, уый бæрц дард æй аппæрста, æмæ йе ’нгуылдзтæ ныссæрфта йæ хæлафы æрбадæнтыл: Уый фæстæ ма сæм ноджы æркаст æмæ цыбыр, рог къах- дзæфтæй ацыд, йæ ихсыд фысдзарм кæм уыд, уырдæм. — Фервæзтæ дзы, Хуыга? — æрбадзырдта та йæм Цуца. — Дæуæй дæр афтæ куы фервæзин, — усæрдæм æнæ бакæсгæйæ сдзырдта лæг. — Мæнæй нæ фервæздзынæ, цалынмæ мын мæнæ мæ кау сцалцæг кæнай, уæдмæ. — Куыд хорз ус дæ? — ныр æм йе ’ргом уыцыцæхгæр фæзылдта æмæ йæм дис æмæ мæсты цæстæй кæсы. — Зондцух дæ дзæгъæлы нæ хонынц. — Дæуы йеттæмæ ма мæ чи хоны зондцух? — Æмæ дæ кæд адæм иууылдæр афтæ хонынн, уæд- дæр сыи æз цы зонын? Мæн адæмы ныхæстæм хъусынмæ 4
никуы æрæвдæлы. Нæ мæ уыныс, ныртæккæ дæр мæнæ кусгæ кæнын? — Уый дын æнæхъуаджы рæстæгмарæн ми у. Фæлтау мын мæнæ мæ кау бацалцæджытæ кæн, æз та дын хорз сихор сцæттæ кæндзынæн. Арахъ дæр мæм ис. — Фæрнæй хæр дæ сихортæ дæр æмæ дæ аходæнтæ дæр. Мæнæн мæхи куыстаг ис,— йæ къух ауыгъта Хуы- га æмæ та æрбадт йæ ихсыд фысдзармыл. Æрбадт æмæ та баифтыгъта йæ цæстыты ног амæттаг, — ног дуры гыццьтл къæртт агурыныл. Æниу дзы стыр къæртт дæр куы ссарид бæргæ. Уый ноджы æхсызгондæрæй аппарид дæлбылмæ, фæлæ дзы ахæм нал баззад. Ныр сæ кæдæй нырмæ уидзы, кæдæй нырмæ сæ калы дæлбылмæ? Æмæ ма дзы искуы ныхысæрыйас дур куы ссары, уæд уый дæр йæхицæн стыр амондыл банымайы. Стыр æхсызго- нæй йæ ахæссы дæлбылмæ. Цуца ма йæм иудзæвгар фæкаст уыцы æдзынæг, уы- цы фæлахс цæстæнгасæй, стæй йæ къух ауыгъта. — Дæ тæригъæд дыы фæхæсса де сæнамондгæнæг, кæд дæ цы сардыдта уыцы хылычъытыл. Райсомæй изæр- мæ æндæр ницы кусы. Агуры уыцы лыстæг дурты. Цалынмæ йын исчи йæ зæрдыл æрлæууын кæны, уæдмæ дзы сихор бахæрын дæр ферох вæййы, — цыма йæ искæ- мæн амыдта, уыйау хъæрæй ныхасгæнгæ апыд, к^уы михтæй ма кæй нæ бабæрæг кодта, уыдон басгарынмæ. Райсом Хæрисджынмæ цæуы уистæ æмæ кауы мчхтæ кæнынмæ. —Æрмæст дзы бирæ-куынæ фæуид ивинаг. Нæ уарзын кауы. михты. Нæдæр сын сæ кæнын уарзын, нæдæр сæ садзып. Уæд дæр уыдис уалдзæг. Мæнæ ныры хуызæн, ног- гуырд сабийау, бæгънæг æмæ, нырма йæ опг кæмæп не сфидар, ахæм рагуалдзæг. Нырма бæгънæг уыдис уыцы уалдзæг, фæлæ, ноггуырд сабийæ йæ ныййарджытæ сом- бонмæ стыр ныфс куыд февæрынц, афтæ уыцы бæгънæг рагуалдзæгæй дæр адæм ныфс æвæрдтой æмæ йæм зыл- дысты. Цæмæй йыл пакъуы рахæцыдаид æмæ бæгъпæг мауал уыдаид, ууыл куыстой. Цуцайæи уæддæр, мæнæ нырау, йæ кау уыдис цалпæг кæнииаг. Уистæ йæ æнæмæнг хъуыд. Кауы михтæ дæр, фæлæ... 5
— Кæд дзы бирæ нæ фæуа ивинаг, уæд мьгн ницы уыдзæн, — дзырдта йæхицæн. — Уистæ аст дзæбæх куы- рисы куы ракæнон, уæд мын фаг сты. Æвæццæгæн мæ æндæр нæ бахъæудзæн, фæлæ дæс ракæндзынæн. Ра- кæпдзынæн дæс, кæнæ, чизоны, æстдæс куырисы дæр. Алцæмæй дæр, хъæугæ дæ цас кæны, уымæй фылдæр самал кæнын хорз у. Уæлдай цы баззайа, уый дæр нæ фесæфдзæн. Кау ныллæгдæр кæм у, уымыты йæ фæбæр- зонддæр кæндзынæн. Искæй фос цæмæн хъуамæ ахъуы- ды кæной афтæ, зæгъгæ, мæнæ ацы хуымы хпцау иунæг сылгоймаг у. Йæ кау пыллæг у æмæ йæм бахизæм. Стæй уый дæр ма уæд. Искæй къух дзы куы ацаразон, уæд уый цæмæй æвзæр у? Уæртæ зæронды уæддæр бахъæу- дзысты. Нæ, дыууадæс куырисæй къаддæр нæ ракæндзы- нæн. Ссæдз куы уой, уæд та ноджы хуыздæр. Уым уис бирæ ис æмæ, кæд тынг нæ бафæллайон, уæд... Азылдис кауы михтыл. Басгæрста сæ. Бирæ дзы нæ разынц раивинаг, æмæ уыцы хъуыддагыл тынг бацин кодта йæхинымæры. Бацин кодта æмæ йæм уый цыдæр хъыг фæкаст. «Цин кæн, Цуца, — афтæ йæм сдзырдта йæ мидæн- къарæн. — Дæхицæй феппæлыс — æз, дам, алы куыст дæр бакæидзыпæн, алцæмæ дæр, дам, мæ иыфс хæссын. Иыр кауы михтæй фæтарстæ, æмæ дын дзы цъус кæй хъæуы раивын, ууыл цин кæныс. Кауы мих ракæнын, сцæттæ нæ кæнын æмæ йæ ныссадзын унсты куырис ацæтта^ кæны- нæй зындæр куыст кæй у, уый алчи дæр зоны. Æмæ дьтн уыцы зынархайд кусинагæй бирæ кæй нæй; ууыл цæуыл- иæ хъуамæ цип кæнай?» — Ныууадз мæ, — зæгъы йæ мидæпкъарæнæи. — Цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай? «Искæй æххуысыл дæхи ма тигъ кæн, æндæр дæ пи- чи ницы домы, — зæгъы йын йæ мидхъуыды. — Дæхæ- дæг æпæфæпыхилгæ куьт иикæй куьтстаг ныууадзыс, уæд...» — Мæнæй тыхстдæр чи у, уымæй цæй æххуыс хъуамæ бадомон? Æз ницæуыл тыхсын. Ме ’ххормаг сабитæ мьтл куы нæ ниуыпц, мыййаг, науæд, кæйдæртау, æнæкуыст- хъом зæрæдтæ æмæ рынчынтæ куы пæ ис мæ хæдзарьт. Мæнæ ацы иу сæры къоппа дæн æмæ мæ цас хъæуьт? Кауы михтæ та ракæндзынæн, ивинаг мын дзы цы ис, уымæй бирæ фьтлдæр. Фидæн ацафон ивинаг чи уыдзæн, ахæмтæ дæр дзьт цъус нæй. Цæмæн сæ уадзын фидæи- мæ? Мыййаг мын уæдмæ, мæ хуылфьт райгуырын афон- 6
:мæ дæр æххæст чи нæ фæлæууыд, уыцы... хъæбул мын хосдзау куынæ суыдзæн. Æви мæ лæг мæрд... «Фæндагамонд фест, Цуца, дæ лæгæн, — йæ дзырд ын фескъуыдта йæ мидхъуыды. — Фест ын фæндагамонд, -уыцы гæххæтты гæбазы тыххæй йæ мæрдты иомхыгъды куы нæ фæтъыссай!» — Ницыуал дзурыи. Æвæццæгæн, адæймагæн иууыл зындæр у йæхиимæ дзурын, йæхиимæ быцæу кæнын. Æмæ мæн никæимæ ницы быцæуаг ис, дзурынмæ та мæ æвдæл- гæ дæр нæ кæны. Мæ изæры зылдтытæ акæнон æмæ уы- цы зæрондмæ бауайон. Æнхъæлмæ та мæм кæсдзæп, — афтæ фæиппæрд кодта йæхи йæ мидæнкъарæнтæй æмæ :хæдзармæ атындзыдта. ...Райсомæй йæ хъуджы куы радыгъта æмæ æхсыры ведра хæдзармæ куы бахаста, уæд йæ зæрдæ цæмæйдæр ’уыцы дзæбæх барухс. Барухс йæ зæрдæ æмæ йæ ции- .дзинад бамбæхсын нæ бафæрæзта: — Дысон мæ гуымбыл кæй ацахстон, уый хорз уы- ,дис. Дыууæ донхъы изæрмæ иумæ куы баззадаиккой, уæд бацахстаиккоп. Æнæмæнг сæ цæгъдын бахъуыда- *ид æмæ уыйбæрц рæстæг кæм ис ныртæккæ? Ацы иу дон- хъæн ницы у. Нырма уазал у æмæ изæрмæ нæ бацахс- дзæн. Хъугæн ма йæхи уынгмæ куы аздахин. Нырма хиз- тæ цы фæкæндзæн, кæд искуы бæласы къалиутыл йæхи аирхæфса, æндæр. Фæлæ уалдзæджы тæфаг куы ахъа- ра йе уæнгты, уæд уый дæр хорз у. Иæ райсомы зылдтытæй фервæзт Цуца. Хъуджы уынгмæ аздæхта. Кæрчытæн кæрты сурдæр ран нартхор акалдта. Дои сæ нæ хъæуы. Къадайы дон сæ рæзты цæ- -уы. Баназдзысты сæхæдæг, куы сæ хъæуа, уæд. Къуырт- ты чи бады, уыцы каркæн йæ разы иу къусы дон æрæ- вæрдта, иннæйы тг мæпэьу. Карк æм скаст уыцы хъуын- тъыз æмæ тызмæг цæстæнгасæй. Скаст æм æмæ уыцы дæргъвæтин хъиау ныккодта. — Æдылы митæ ма кæн, — быпмæ йæм ныдздзырдта Цуца. — Къуыртты бадæг каркыл нæ фидауы æдылы митæ. Мæнæ дын хæринаг. Дон дæр-иу баназ. Кæрты къуымты дæр-иу азил, уæртæ-иу хус змисыл дæр абыгъд- дулæг кæн. Карк æмæ сывæллон змисыл быгъдулæг кæ- нын бирæ уарзынц. Фæлæ дæ рæвдыуæтты æгæр ёирæ ма ныууадз дзæг^æлæй. Куы суазал уой, уæд фæлæхъуг уыдзысты æмæ дзæгъæлы фæуыдзæн дæ фыдæбон. ^х’ьуырттимæ арæхстгай хъæуы архайын. ^Каркæн хорз зæндтæ амоныс, фæнык мын фæуа дæ 7
сæр, — фелхыскъ æй кодта йæ мидæнкъарæн. — Карчы дæ уынаффæтæ æппындæр ницæмæн хъæуынц. Æрдз ын сæ куыд бацамыдта, уый дары йæ зæрдыл æмæ йын фаг у. Фæлтау дæхæдæг дæр дæ зæрдыл куы дардтаис, сыл- гоймагæн æрдз цы сныв кодта, уыдон, уæд афонмæ дæ хъæбул дæ фæстæ разгъор-базгъор кæнид». Цуцайæн йæ бон ницы зæгъып бацис йæ мпдхъуыды- йы ныхмæ. Ноджы йын уыцы фыдбылызджын къуырт- тои карк комкоммæ каст йæ цæстытæм. Дон ын сæ абад- дзæн æви нæ, цыма уый хъахъхъæдта, ахæм каст ын сæм кодта. Цуца йæм иицыуал сдзырдта. Цæмæп ын фена къуырттон карк йæ цæстытæ уымæлæй, доны зилгæйæ? Фæзылд æмæ кæртмæ рауад. йæ пæст дзы ахгзссииаг уыд, фæлæ йæм ам дæр исчи (кæнæ исты), къуырттон каркау, фæлварæджы каст куы ныккæна, мыййаг, уый тæсæй йæ цæстæигас комкоммæ хæдзармæ фæцарæзта æмæ дзы смидæг ис. Йæ зæрдæйы цы маст фæтымбыл, уый апырх кæныны тыххæй къуымты азылд. Цыдæртæ дзы абæстæттæ кодта, стæй лагъзæй хызын райста. Арынджы сæр сыгом кодта. Хъыбылтау дзы кæрæдзийы’ бын бырдæй цы дзултæ хуыссынц, уыдоныл йæ уырзтæй æрхæцтытæ кодта. «Æвæццæгæн сæ фыццаг кæркуасæнты онг фæлæн фых. Ау, æмæ æндæр нал бафынæй кодтон? Æмæ, уæдæ, куыд раджы сыхъал дæн? Стæй мæ хуыссæг дæр куынæ уал ахсы». — Æвæццæгæн, адæймаг йæ уды конды цæуыл сахуыр кæна, уымæй йын пæй фæиртасæн. Æз дæр афтæ. Æхсæны куыстæй мæ хæдзары митæм никуы равдæлы. Уыдон фылдæр æхсæвы фæкæнын, фæлæ мын уæддæр- райсом раджы æнæсыстгæ нæ вæййы æмæ йыл мæ уды конд фæцайдагъ ис. Нал дзы иртæсы. Дзултæй иу систа. Хызыны йæ нывæрдта æмæ, йæ цонг дзулы уæз дзæбæх куы банкъардта, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йæ зæрдæ йæхиуыл цæмæйдæр бахудт. — Хъæддзау, дам, æххормаггæнаг у, — загъта йæ мнд- ’æнкъарæны раз йæхи сраст кæныны тыххæй. «Куыд нæ, стæй! — йæ ныхас ын фескъуыдта йæ мид- хъуыды. — Афтæ мын дæ сæр æрбамæла! Уым галхатт хъæдтæ фæлдахдзынæ, науæд хырхæй фæйнæджытæ фаддзыпæ æмæ дын дæхи цы æнæхъæддзау рахонгæ ис!» ’ Хызынмæ ныккаст. Хуры тымбылæджы хуызæн дзул хызыны къулыл йæхи банцой кодта æмæ уыцы æр- 8
Уъæвстгъуызæц лæууыд. Усмæ афтæ фæкаст, цыма дзул ггæрсы, мыййаг æй исчи куы ацъæл кæна, уымæй. Тæрсы ^емæ уымæн æргъæвстгъуыз у. Фæтæригъæд ын кодта Цуца. — Цæй, цъусы фæлтау, бирæ уæд. Уый ницы хъыг да- ры. Æз дæр æй, мыййаг, иууыл мæхæдæг нæ бахæрдзы- нæн. Уæдта мыл искуы æххормаг адæймаг амбæлд. Кæд ахæм ничи фæуа, уæд æй фæстæмæ рахæсдзынæп. Дзулæн ма йемæ æмбалæн нывæрдта цыхты къæр-тт дæр. Гæххæтты йæ батыхта, афтæмæй йæ пывæрдта. — Иумæ уып æнцоидæр уыдзæн, — ныдздзырдта сæм хызынмæ æмæ йæ мидбылты бахудт. «Дæхн уды мæт дæ ис, мæ хæзгул, — фелхысхъ та йæ кодта йæ мидæнкъарæн. — Æнахуыйæн дзул дæ дзыхы ад нæ кодта рагæй фæстæмæ дæр. Ныр адæм алы ран дæр тыхст куы сты æмæ али.æуыл дæр фæстæ’мæ хæцын куы хъæуы, цас гæнæн ис, уымæй фæсауæрцтæ кæиын æмæ нæ бæлццæттæн дæр истæмæйты æххуыс куы хъæ- уы, уæд дæр дæ къух сисинаг нæ дæ уыцы æхцон цай- дагъдзикæдтыл. Хъарм дзул æмæ хъа^бæр цыхт иумæ куыд фидауынц, уый алы саби дæр яоны. Ды йæ цæуыл- нæ хъуамæ зонай, æмæ сæ сайыпмар^хъавыс. Дæхи удæч- - цойæп сæ кæй хæссыс иумф, уый сын сæхпцæн æнцондæр уыдзæны æфсон кæныс».^ ^ ^ — Адæймаг уымæн ’фыдæбоп кæны, цæмæй йз^цæнг- ты фæллойæ исты уына, исты дзы кана. Хæрыиæн чич нæу, уый кусгæ дæр ницы бакæндзæи. Мæн та, цæмæй пæ \ бæлццæттæн дæр æмæ нæ хъæуы тыхст адæмæн дæп пс- ты балæггад кæнои, уый тыххæй мæ бирæ кусын, биоæ змæлын хъæуы. Æххормагæй бирæ бакусыны фаг тых адæймаг не сфæрæз кæндзæн... Цæмæй йæ хызынмæ мацыуал дзырддаг уыдаид, уый тыххæй йын йæ ком цыдæр хæцъилы гæппæлæп абаста. Кьуымты ма йæ цæст ахаста. Мыййаг æй мацы ферох уæд. Хъæдмæ, мыййаг, фыццаг хатт пæ цæуы, фæлæ алы цыдæн дæр йæхи бынат æмæ йæхи нысан вæййы. Уый хынцгæйæ, хъуамæ развæлгъау равзарай, цы дæ ай- сып^хъæуы демæ, уый. Йæ размæ тæрхæгыл фæцис доны дурын. Иу дзæвгар ыл ахъуыды кодта, стæй йæ къух ауыгъта: — Хæрисджыны хорз суадон ис. Донгарз мæ лшцæ- мæн бахъæудзæн. Дуар рахгæдта йæ фæдыл. Разайы цæстгонд тарва- зыл хуыд къæдзы фæкодта. Ауындзгæ гуыдыр ыл сæ-
вæрдта æмæ кæртмæ рахызт. Кæрчытыл ма иу хатт йая цæст ахаста. Бакаст къуырттон каркмæ дæр. Уый нырмз/ нæ бахордта аходæн. Йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ æхгæд цæстæй æнцад бадт. — Куы сæххормаг уа, уæд йæхæдæг рахиздзæп. Цы ма йæ тыхсын кæнон? Тыргъы хъæдын хæдзары фисыны æлхынцъы тъыст уыд йæ лæджы надзахи. Бацыд æм хæстæг. Алы хаттау та ныр дæр надзахийы хъæдмæ бавналыныл иымд код- та. Йæ лæджы æрмтты фæд кæуыл баззад, уыцы хъæдмæ бавналын ын æхсызгон куыд нæ вæййы! Цыдæр æхнон хъарм дзы банкъарынц йе уæнгтæ, фæлæ йын уæддæр фыццаг бавнæлд зын вæййы. /Емæ уыцы зындзинад ца- льтнмæ басæтта, уæдмæ алæууыд надзахийы раз, стæй йын йæ хъæдмæ бавнæлдта. Райста йæ. Æцæг хъæддзау куыд фæкæны, афтæ йыи йæ коммæ æркаст. Æркаст æм, æмæ йæ зæрдæ бамæгуыр. «Дæхи аххос уыд æмæ дзы цы мæгуыр кæны дæ зæп- дæ? — йæ цæстмæ йын бадардта йæ мидæнкъарæп. — Сугсæттæн фæр’æ.т алчи сугсæттæны фæдары, ды дзы суг куы ’рсæттыс, уæД\æй кæм фæнды баппар. Уый фæстæ дæ тагъдыл йæ сæр\уы бахъæуы æмæ йæ куынæуал фæ- арыс, уæд уа, дæ лæг иу къухæй иннæмæ райсын дæр -æвгъау кæ^æн кодта, уыцы надзахийæ сугсæттæн ацара- зыс æу& йын йæ бырынкъ дзыргъайы хуызæн скодтай. ,Ныр уæдта фæзынд. Уæдта искæцæй фæзынд, фæндаг- / амонд ын фестай, уæд ын цы цæсгомæй равднсис уыны надзахи!?» — Тæккæ изæры йæ бахæсдзыыæн Лексомæ. Уый мын æй сигæсыл ацыргъ кæндзæн. Уас йæ къухтæ фæрнæй фæдара. Йæхи йæ куыстытæй сулæфыны боп куы нæ вæййы, уæддæр искæй къух фæрог кæнынæн рауары рæс- тæг æмæ амал. Ныр та кæрты дуар рахгæдта йæ фæдыл. Уæлæтьт пывнæлдта. Мидæгæй йыи йæ рпчъи æрзылдта æмæ араст ис хъæуы уынгты Хæрисджынæрдæм. — Абон сæ сцæттæ кæндзынæн. Фындлæс куырисы уистæ æмæ иу ахæм та кауы михтæ ракæнынæн бирæ ни- цы хъæуьт. Уый фæстæ галтæ искæмæй ракурдзынæн. Сом кæнæ та æндæр хатт искæмæй ракурдзынæн гал- тæ...( «Æмæ уыцы æндæр хаттмæ æпдæр куыстæгтæ нал разындзæн? — йæ ньтхас ын фескъуыдта йæ мидæнкъа- рæн. — Фæстæдæрмæ цæмæн æргъæвыс дæ миаг?» 10
— Кæд сæ рагацау ацæттæ кæнон, уæд сæ нзæры дæр •æрдавдзынæн. Æндæр хаттмæ сæ цæмæн уадзын? Æр- мæст... Нæлгоймаджы номыл иу сывæллон уæддæр куы уаид мемæ. Куы сæ ласон, уæд иу гыццыл лæппу уæд- дæр куы уаид мемæ... «Дæ хъаруйæ дæ ныфс нал ис, мæ хæзгул, — йæ мид- æнкъарæн та йæм фæныхылдта. — Иæлгоймæгтæ рай- дыдтай агурын, нæ? Æви дæ зæрдæ басаст. Налдæр дæм кусыны хъару ис, налдæр æнхъæлмæ кæсыны ныфс. Æй, дæ-гъа, гъе! Куыд ницы фаг скуымдтай! Афтæмæй та дæхи айнæг къæдзæхæй фидардæр хуыдтай». — Галты разæй мын цæуид, æндæр мæ цæмæн хъæ- уы? Галты разæй цæуид, цæмæй пæ уыной æмæ зоной, ’мемæ нæлгоймаг кæй ис. Хивæнд сты галтæ. Сылгойма- гæн нæдæр йæ хъæрæй тæрсынц, нæдæр йæ цæфæй. Нæ- дæр дзы аргъуц кæнынц. Сылгоймаг сæ лæдзæгæй куы нæма, нæлгоймаг-саби та сæм хиталæгæй куы ’взида, уæддæр уымæй тынгдæр тæрсынц, тынгдæр дзы аргъуц кæнынц. Раст нæлгоймæгты халдих сты. -Æви нæлыстæ- гæн йе ’рдзы конд у афтæ. Сылыстæ/ркы хъуамæ мацæ- мæ дара. Хъуамæ дзы мадæр тæррйе кæна, мадæр ар- гъуц. / «Цыдæр ныффæнд кодтай, мæ хæзгул, æмæ дæ лæ- джырдæм, галты æфсон^ азым æппарыс, —чцæ мидæн- къарæн ын йæ ных къуыры. — Уæд дын цы хивæнд ми бакодта дæ лæг, фæндагамонд ын фестай?» — Лексойы галтæ ракурдзынæн, — йæ рæзтæ та æх-\ сæды Цуца. — Тынг æмбаргæ галтæ сты. Сæрбосыл хæ- цæг сæ ницæмæп хъæуы. Ауадз сæ сæхи бар æмæ цæу- дзысты. Æвзидын дæр сæм нæ хъæуы... Хæрисджынмæ куы схæццæ ис, уæд уал фыццаг рай- дыдта кауы михтæ кæнын. «Куыстагæн райдайын хъæуы йæ зыидæрæй. Æпцо- нæн лæг фæлладæй дæр исты амæлттæ кæндзæн...> * * * Зæронд ус хуыссыд йæ иу фарсыл. Йæ уæрджытæ скъæдз кодта, йæ астæу дæр — къæдз. Сæр дæр бæрзонд- æвæрд базыл бынмæ быры, фæлæ йæм ус йæ лыстæг бæрзæй ныббыцæу кодта. Цæсты уæлтъыфылтæ сæхн- г’ьаедæй æхгæнынц. Ус уыдон дæр нæ уадзы. «Дæ удæн афтæ æнцондæр уыдзæн, æнамонд, — уы- етаффæ дын кæны дæ мидæнкъарæн. — Æрæхгæп дæ И
цæстытæ, дæ бæрзæй дæр тых хъандзал цы ныккодтай? Йæхи адыл æй æруадз. Гæнæпыи кæй снг уа, уырдыгæй дæлдæр нæ абырдзæн. Уьтй хыгъд дæ уд æрулæфдзæн. Чи зоны, фынæй дæр ауай æмæ де онг фæрогдæр уа». — Мæ уды æрæнцайынмæ пæма æвдæлы, — дзуры йæхицæн зæронд ус. — Лæппу уæдта искуыцæй фæзынд, цæмæй рæхджы фæзына, уый йын фестæд йе ’намонд ма- ды сæр. Куы я^æзына æмæ йæ дуар æхгæдæй куы æрæй- йафа, уæд йæ мады уд дыккаг хатт не схаудзæн?.. Фæлæ уыцы мæлинаг цы фæцис? Раджы-иу æрбауай йын куы загътон... Раздæр уæлгоммæ хуыссыд зæронд ус. Æнæуый йæ иу кæиæ иннæ фарсыл гæзæмæ дæлгомырдæм здæхтæй фæфынæй кæны. Кæцы фарсыл фæфыпæй кæны, уыцы къах ыи вæййы даргъ, иннæ — къæдз. Цæнгтæй бынаг рæбыны къæдзæй æддæмæ ц^хгæрмæ акæны ’дзидзийы бын, цæмæй йæ риу æгæр тынг æлхъывд мп уа гобанмæ, иинæ къухæн йæ арм вæййы уадулы бын. Æнгуычдз^æ тыгъдæй фæхуыссынц хъусы бын, цæмæй йæ ба^ æгæр тынг æнгом ма æ^гæна, науæд ын дзы цыма бындзыты æвзæп бацæры, уыйщу ын гуыз-гуыз фæкæны. Афтæ фæ- фынæй кæны, фæлæ дысон, Цуца куы ацыд, уæд уый дæр йæхи æруагъта хуыссæны. Фыццаг уал уæлгоммæ æр~ хуыссыд. (Жлц хатт дæр афтæ чфæкæны. Хъуамæ уал уæлгоммæ хуысгæйæ аныхас кæна йæ хæстон хъæбули- доæ, йæ мæрдбæлццон æмкъаимæ, стæй æрзилы йæ иу фарсыл æмæ...). Дысоп дæр афтæ бакодта, фæлæ йæ пы- хæстæ куы фесты æмæ йæ ахуьтр уагыл æрзилыпмæ куы хъавыд, уæд йæхи нал сфæрæзта. Бяззад афтæ уæлгом- мæ хуысгæйæ. Афтæмæй фынæй бацис (æииу æй уый нæ уырны, йæ цæрæнбонты никуы хъуыды кæиы, æмæ уæл- гоммæ бафынæй уыдаид), æви æнæуый йе ’нкъарынад бандзыг, уый пæ базыдта, фæлæ, пæхи куы æрæмбæрста, уæд хууыссыд уæлгоммæ. Йæ къæхтæ хуыссыдысты кæ- рæдзийы фарсмæ даргъæй. йæ къухтæ та уыдысты нæ риуыл дчуарæвæрд. Нсдуг йæ хъуыдыйы не ’рцыд, уæлтæрхæг уæвæг марды уагыл кæй хуыссы, уый, фæлæ йыл дзæбæх куы ахъуыды кодта, уæд йæ уд фæцæйли- уырдта йæ къæхты бынæй. — Саубон мыл куыд пикуы пыккодта! Уый мæлгæ куы акодт’он æмæ ма æз та мæ мæлæты агъоммæ цыдæртæ аразинаг куы уыдтæн, — йæ цæнгты йæ’ фæрстæм æрыс- сыдта, къæхтæй дæр иу иннæйы сæрты тыхамæлттæй сласта. 12 . Ч
— Афтæ хуыздæр у, —зæгъы йæхицæн. — Афтæмæй -адæймаг уæлтæрхæг уæвæг марды хуызæн уæддæр нæу. «Мæлæты тас дын де онджы’ мигъ бауагъта, зæ- ронд,— фелхыскъ æп кодта йæ мидæнкъарæн. — Æмæ, уæдæ, хæсты быдыры, царды цинæй, царды хъыгтæй æнæбафсæдгæйæ чи мæлы, уыцй лæппутæ куыд кæ- нынц?..» «Царды хъыгтæй нæ бафсæстыстæм, зæгъгæ, уымæй раст-нæ зæгъыс, Джиччи», — йæ хъустыл ауад йæ хъæ- бул Хуыгайы хъæлæс. — Фæзыпдтæ мæм. мæ хъæбул? — сдзырдта зæронд ус æмæ къуымты тыиг зынæй разылдта йæ цæстытæ. Фæлм ын сыл бадт æмæ йæм уыцы фæлмæй зынд йæ гæе- тон хъæбулы æндæрг. «Фæзындтæн дæм, Джиччи, цæмæй дын зæгъон, цар- дæн йæ хъыгтæй æлгъæд дæр кæй систæм, уый». — Æ, дæ уды бæсты куы фæцæуид дæ Джиччи... «Ам искæй уды бæсты фæцæуæн никæдæм ис, Джич- чи, — дзуры йæм йæ хъæбулы æндæрг. —^Ам тох дæр земæ мæлгæ дæр алчи кæны йæхи уды бæсты, йæхи но- мыл.» у/ — Æмæ уыи иунæджытæй зын’’тохгæнæн нæу, мæ хъæбул, уыцы лæгсырдты . ныхше? — дисгъуызæй йæ афарста зæронд. у ’’ • «Нæ мæ бамбæрстай, Джиччи, — йæхиуыл чысыл размæ фæхæцыд лæппу. —Нæ тохы нысан иу^ у. Лæг- сырдты ныхмæ хæцæм уæхск-æмуæхск. Фæлæ алчи дæр тырны уымæ, цæмæй йæ уды номыл амара фылдæр знæгты, æмæ мæлгæ та акæна, куы бахъæуа, уæд, æр- мæстдæр йæхи уды бæсты, цæмæй æндæртæ баззайой цæргæйæ æмæ дарддæр тох кæной». — Æмæ ма бирæ... — Ам та зæронд йе ’нкъарæнты цæстæй фæкомкоммæ ис йæ къæхтæм. Уыдон, марды къæхтау, уыцы æмрастæй хуыссыдысты фæрсæй-фæрс- тæм. Зæронд ма йæ цæнгтæм дæр йæ хъус адардта. Уы- дон, хуыцауы фæрцы, нырма йæ фæрстæм хуыссыдысты, æрдæбон сæ куыд æрыссыдта, афтæмæй. Уый фенгæйæ, къæхтæм тынгдæр рагæсты пс сæ хивæнд миты тыххæй. Иу та дзы иннæйы сæрмæ систа тынг зынæй æмæ... — Кæдæм тагъд кæнут, кæдæм, уыцы сыджытмæ, ба- хæра уæ! — хæцы йæ къæхтæм. — Мыййаг, уæ бирæ фьт.дтае æхсынынæй сыджытæн йæ дæндæгтæ йæ мылы- ты онг куынæ баихсидзысты. Кæдæм æм тындзут?!. Иу *æмпаелы цъиуы фаг уыл дзидза куынæуал баззад, уæд 13
уын сыджыт уе ’стыр фыдтæм æнхъæлмæ кæсы? Ба- уадзут уал мæ мæнæ мæ иунæджы æрцыдмæ. Йæ дуар гомæй æрæййафа, бакæсон ма йæм мæ цæстæй æмæ стæй,, æнæсымах кæнгæйæ дæр, мæхæдæг цæудзынæн. Зæронд къæхтимæ загъдыл куы фæцис, уæд дэы къух- тæ айрох сты. Уыдон сындæггай хус фæрстыл сбырыдыс- ты æмæ дзуарæвæрдæй фæлахс риуыл æрæицадысты. Æрæнцадысты æмæ уыцы дзæбæх улæфыдысты сæхи- цæн. Ус сæ, чи зопы, хатгæ дæр нал фæкодтаид, фæлæ се ’намондæн йæ рахис фарсы бынæй хъæццул рабырыд,. усы фарс айгом ис. Уазал æм бахъардта æмæ, хъæццул æрныуæрдон, зæгъгæ, йæ къух ацагуырдта, фæлæ уый йæ бынаты нал разынд. Ноджы сæ дзæбæхдæр ацагуыр- дта, æмæ сæ куы ссардта, уæд сæм феххæлд. — Уæдæ мыл сымах дæр гадзрахатæй цæут, сыджы- ты хæрды фæуат, æцæгæпдæр! — кæрæдзийыл сæ бан- дзæрста æмæ ма сæм цы гæзæмæ тых ис, уымæй кæрæ- дзи æууæрдынц, кæрæдзи цъæлтæ кæнынц. — Кæдæм дзы уæ рæтæнтæ тонут уыцы сыджытмæ! Нал æм фæ- хæццæ уыдзыстут? Æз уæ ацы уысм дæр бакæнин сы- джыты хай, кæд æмч тынг хæл-хæл кæнут, уæд, фæлæ, мыййаг, мæ хæстон хъæбул куы ’рцæуа, уæд ма йын дуар- цæмæй бакæндзынæн,хйе ’фцæджы ма цæмæй атыхсдзы- нæн?.. Зæронд къухтæн уыцы хуызы куы маст кодта, уæд та къæхтæ дæр, марды къæхтау, кæрæдзийы фарсмæ æрхуыс- сыдысты. Уый фенгæйæ, зæронд чысыл сывæллонау нык- куыдта, ныдздзынæзта. — Æй, мæ фыд-зæрдæйы-иу йæхи ныхмæ тох кæнын бахъæуа! Æй, мæ хъæбулы ралгъитæджы-иу йæ буары хæйттæй алкæимæ хицæнтæй бахъæуа тох кæнын! Æн, нæ лæппутæн нын ахæм хъизæмæрттæ чи æвзарын кæны, уый хуыздæртæн-иу сæ буæрттæ хайгай ныууой æмæ кæ- рæдзимæ мауал хъусой! Ныр ма ай мæнæн цы хуызæн цард у!? Мæ буары хæйттæ кæрæдзи дæр куынæуал æм- барынц, кæрæдзимæ дæр куынæуал хъусынц, алчи мæ дзы сыджытмæ хицæнæй куы ласы, уæд ма мын уый цы хуызæн цард у! А, аласут мæ уыцы фæрнæйдзаг сы- джытмæ, — уæлтæрхзег уæвæг марды уавæры æрæвæрд- та йæ къухты дæр æмæ йæ къæхты дæр. — Скъæфут мæ ныр уыцы фæрнæйдзаг сыджытмæ, кæд уæ ^ æндæр фæрабз нал ис, уæд. Фæлæ стæн мæ хъæбул куы ’рыздæ- ха æмæ йæ дуæрттæ æхгæдæй куы æрæййафа, куыничи 14
йыл баузæла, уæд уæ нæ бафæрсдзæн, алæма, мæ мад кæмг ис, кæдæм мын æй фæхастат, зæгъгæ?.. «Мæлæты тас дæ бацыд, зæронд, æмæ æфсæнттæ кæ- иыс, — æрдæбон йæ хъæбулы æндæрг кæм лæууыд, уыр- дыгæй йæм ныр та йæ лæджы æндæрг дзуры. — Дæ зæ- ронд стджыты айсын, ахæссын нал фæразыс, уæддæр дæ ардæм ма цурмæ нæма фæнды. Æниу, ам дæ фæндон би- рæ ницы давы. Мæнæй аразгæ у ам æппæт дæр. Куы мæ бафæнда, уæд дæ мæхирдыгæй фæкæндзынæп» — Цалынмæ лæппу фæзына, цалынмæ къæсæрыл æр- балæууа, уæдмæ мæм ма бахат, — лæгъзтæгъуызæн дзу- ры зæронд.йæ лæджы фæлгонцмæ. — Йæ уæзæджы къæй йыл æнæад, уазал тæфимæ куы сæмбæла, уæд нæ дыу- уæйæн дæр уым дыккаг хатт нæ зæрдæтæ куы скъуый- дзысты, нæ удтæ та ногæй куы схаудзысты... <Ам зæрдæскъуыйæнтæ æмæ удхауæнтæ нал ис, — йæ дзырд ын фескъуыдта йæ лæджы æндæрг. — Ам ис æнусон æмæ æнæ’мæлгæ цард. Кæсыс мæнмæ? Дæ цурæй цы кары рацыдтæн, ныр дæр уыцы кары нæ дæн? Дзæ- бæх мæм æрбакæс. Уыцы налат бурнымæтджынтæй мæ- хæдæг æнæхъуаджы бирæ фæцагътон, ф’æлæ мæм дзы иу, табу дæ фарнæн, сусææй хæцаг куы’дзау, фæстæты æрба- хъуызыд. Кард мын мæ фæсонты ныссагъта æмæ, уæд цы бадæн, уымæй дарддæр мæ иунæг æрду дæр никуыуал ахауд. Афтæ уыдзынæн мыггагмæ. Ды-ма бакæс дæхи- мæ. Куыд тынг ныззæронд дæ, ныффæлахс дæ. Ныр мæм куы æрцæуай, уæд дæр афтæ, лæппу-лæг æмæ зæроид усы æнæад цард кæндзыстæм». — Уый мæн азым нæу, фæлæ кæд мæрдты исты ис„ уæд ма мын зæгъ, нæхиуæттæй дзы искæйты фепыс? «Мæрдты бæстæ иу у, — дзуапп ын дæтты лæджы æн- дæрг. — Кæмфæнды бад, кæмфæнды лæуу, алчи дæр дæм дзы зыны. Алчи та цæмæн? Кæй фенын дæ фæнды, кæй зыдтай дæ цæргæйæ, æмæ ма куы цардаис, уæддæр дыл кæй зонын æмбæлдаид, уыдон иууылдæр уыныс...» — Мыййаг дзы нæхион... Дыууæ къуырийы дзы фыс- тæг... «Уый кой ма кæн! — тызмæг æм сдзырдта лæджы æн- дæрг. — Уымæн ме ’вастæй ардæм цæуæн нæй». — Нæхи Быттыры лæппу... «Уый дæр афæдзмæ æввахс ам ис». ~-Æ, мæгуыр йæ тæригъæддаг уды бон фæуа,— НЫДздзынæзта зæронд. — Ие ’взонг æмкъай Цуца та йæм 15
пырма дæр æнхъæлмæ кæсы. Сау гæххæтт дзы райста, фæлæ ма йæ уæддæр цæмæйдæрты ныфс нс... «Сымах, уæлзæххон адæм, ныфсытæй цæрут, мæ хур...» — афтæ ма бакодта лæджы æндæрг, фæлæ зæ- ронд уыцы уæлтæрхæгон марды уавæры æгæр бирæ кæй хуыссыд, уый йæм хорз нæ фæкаст. — Хуыцауæп хъыг :цы уа, ахæм-мнтæ нæ хъæуьгара- зын, — афтæ афæдзæхста йæхн æмæ пæ иу фарсыл æр- зылд. Йæ къæхтæ скъæдз кодта. Йæ астæу дæр — къæдз. Сæр бæрзондæвæрд базыл бынмæ быры, фæлæ йæм лыс- тæг хус бæрзæй быцæу лæууы æмæ йæ нæ уадзы. Цæсты- тæ уыцы тыхирдæй кæсынц æхгæд дуармæ. А-ныр, а-уæд дзы исчи кæй æрбахнздзæп, уый лæууы йæ фæсоиæрхæ- джы æмæ, уыцы ныфсæй фæиртæса„ уый йæ нæ фæнды. .Чидæр дзы рæхджы кæй æрбахиздзæн, уый йæ уырны... ...Æмæ нæ фæрæдыд зæронд: æддейæ æрбайхъуыст тагъдуайæг къæхты хъæр. Зæрондæн пæ зæрдæ уыцы цин бакодта. Чысыл сывæллонау, схъылъшдз ис.æмæ, йæ размæ куы агæпп ласид, уып йæ фæнды. Ахъавыд йæхи- уыл схæцын дæрл фæлæ та, мыййаг, йæхи куы нæ сфæ- раза, уый тæсæй ныууагъта уыцы фæнд. Фæлтау дуармæ ныццавта йæ цæстыткчæмæ, цыма йæ æвзонг, æнæниз чызг чи фестын кæндзæн, ахæм зæд æрбахизынмæ дзы æнхъæлмæ кæсы, ахæм æмдзаст æм ныццис. — Цы хорз у уæддæр, армæй бавналæн кæмæ ис, йæ цæсгомьг алы æууæлмæ дæр цæстæй бакæсæн кæмæн ис, ахæм адæймаджы æрбацыдæй ныфс авæрæн куы уа, уæд. Мæ. хъæбулы æндæрг, махоны æндæрг мæм куы фæзынынц, уæд мын уыдон уынд дæр куыд нæ вæййы .æхсызгон, фæлæ... Кæд сæ фæнды, уæд фæзыдынц, куы сæ фæнды, уæд афардæг вæййынц. Нæдæр сæм уырзæй фæныхилæн ис, нæдæр цæсты фаг бакæсæн. Уый æмæ дын Цуцайы мæлинаг. Æ, йæ сæры бæсты фæцæуон... «Зæронд, æмбаргæ алцы дæр хорз кæпыс, фæлæ араз- гæ та зыгъуыммæ кæиыс,» — фелхыскъ æй кодта йæ мид- æнкъарæн. — Цымæ искуы рæдийын? — йæхи фæрсæгау кæпы зæронд. - «Ды куы ныммæлай, уæд ма Цуца, уырзтæй фæны- хилæн æмæ цæстæй бæсгон бакæсæн кæмæ ис, уыдонæй кæимæ цæрдзæп, дæхиуыл æй куы стыхтай, уæд?» ’ Дуар уыцы цæхгæр фегом æмæ къæсæрыл лæбурæ- джы лæуд акодта Цуца. Йæ цæсгом уыд тынг сырх æмæ тынг уымæл. Сылæг мигъæй æмбæрзт сæуæхсидау ын 16
мæцъæл æрттывд кодта.- Зæронд дзы фæтарст. Цæмæн- •Дæр æм афтæ фæкаст, цыма йын æрдæбон уыцы ныхæстæ йæ мидæнкъарæн нæ загъта, фæлæ Цуца йæхæдæг. Загъта йып мæстыйæ. Иæ рæтæнтæ атыдта æнæрцæф зæрдæ æмæ нал бабыхста. Æмæ канд зæгъгæ нæ, фæлæ йæм ныр та лæбургæ æрбакодта. Хъуамæ йæ ныххуох кæна æмæ дзы йæхи райхала. Йæ уæлæ тынг тыхт у зæ- рондæн æмæ дзы хъуамæ йæхи райхала. Зæронд йæ хуыссæны арфдæр æрныгъуылд мæ- гуыр... Æ, дæ мад макуы амæла, уд, кæд куыд адджын дæ! - Æрныгъуылд зæронд йæ хуыссæны æмæ цыдæр тарст- тъуызæй кæсы Цуцайы сырх, хуылыдз цæсгоммæ. Уый лæууы. Лæууы æмæ уыцы уæззау улæфы. Иæ улæфт дымгæйы футтау хъуысы зæрондмæ. Зæронд та дзы тæрсгæ кæны. Ноджы уыцы дæргъвæтин уæззау цæстæн- гасæй йе уæнгтæ æндзыг кæнынц æмæ налдæр змæлын у йæ бон, налдæр исты сдзурын. Аразын та йæ æнæмæнг дыдæр кæй хъæуы, уый зоны æмæ... — Ныххатыр мын кæн, Цуца, — кæуын хъæлæсæй ра- .лæмæрста зæронд. ^ ’ — Хæрисджынæй ардæм дугъ фæкодтон, — уыцы зы- нæй сдзырдта Цуца æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта: — Мæ надзахи дæр мæнæ тыргъы авæрдтон. Надзахийы коймæ зæронд бынтон алæбырд. Скуыдта чысыл сабийау, V — Æмæ дæ надзахи дæр цæмæн хъуыд? — уыцы лæгъзтæгъуыз кæуын хъæлæсæй йæм дзуры ус. — Æнæ- уый дæр... — Мæрды рох мыл бафтыд науæд... Хæрисджынмæ ма цæмæн хаудтæн... — Æмæ дын надзахи уым уыдис? — нæ йæ æмбары зæронд æмæ йæ уд рагъæнмæ хизинаг фæцис. — Цæй, дымды фæуæд, надзахи дæр, уистæ дæр æмæ кауы михтæ дæр, фæлæ дæхæдæг куыд дæ? — ныр чысыл йæ улæфт фенцондæр ис Цуцайæн æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. Иæ ныхыл ын йæ арм æрæвæрдта: — Уый дæ ных артау куы судзы æз дын амæлон. Тæвд дæм ис, æнæмæнг. Æмæ дæ кæм бацыдаид уазал цымæ? Мыййаг, знон ис- куы хидæйдзагæй уазал дон банызтай? — узæлгæ йæ фæрсы. Афтæ ма фæфæрсы мад йе ’нахъом сывæллоны. ^ «Ды та дзы тæрсгæ фæкодтай, зæронд», — фелхыскъ æй кодта йæ мидæнкъарæн. Тæрсгæ нæ фæкодтон, фæлæ... — сдзырдта зæронд ^К’^æбысты 3. 17
уыцы саст хъæлæсæй æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ фæкъæпгг ласта. «Сæнттæ куы цæгъды ай, уæд æм цы рауад? — йæхи- нымæры дзуры, цыма искæй фæрсы. — Саубон мыл куыд. æркодта, мыййаг ыл исты куы æрцæуа, уæд ма-иу адæй- маг ныхас та кæимæ акæндзæн? Уынаффæгур ма-иу^ кæмæ бауайдзынæн?!» — Æз дын дохтырæй тæвды хос æрбадавон, — хъæц- цулы йæ дзæбæхдæр æрныуæрста æмæ тагъд къах- дзæфтæй ауад æддæмæ... Зæронд хос куы банызта, уæд йæ тæвд фæсаст. Иæ- уæнгтæ дæр цыма фæрогдæр сты, афтæ йæм фæкаст. Цу- ца цалынмæ къуымты цыдæртæ æфснайдта, уæдмæ зæ- ронд ус сусæгæй афæлвæрдта йæ тыхтæ. Йæ хус цæнгты æнцой йæхи сындæг систаид хъуамæ. Афтæ бакодта цал- дæр хатты, фæлæ йæ фæсонтæ гобанæй никуы фæхицæн. сты. «Æниу ын зонгæ дæр цы кæнынц? Чизоньт, фæхицæн сты», — йæхинымæры дзырдта. «Уый быитон куы ницыуал æмбарыс æмæ хатыс, зæ- ронд! — феххæлд æм йæ мидæнкъарæн. — Дæ фæсонтæ- гобанæй судзины быны бæрц уæддæр куы фæхицæн уы- даиккой, уæд дыууæты ’хсæн уазал уæлдæфæн æнæфæ- мидæг нæ уыд. Æви дæ буар афтæ бандзыг’æмæ уый дæр^ нал банкъардтай?»' — Куыд мæрдырох мыл бафтыд, — бакатай кодта Цуца, дысон æхсыры ведра кæм æрæвæрдта, уырдыгæй. йæ куы райста, æмæ йæм ныхилгæ дæр кæй никæй уырз- тæ фæкодтой, уый куы фæхатыдта, уæд. — Куыд мæ æр- байрох, дысон мæ фæдзæхсгæ кæй бакодтай, уый? — Ницы кæны, дæ нывонд фæуон, — цыма сыстыныл- æппындæр нæ афæлвæрдта, афтæ æнцад йæхи æруагъта зæронд æмæ, йæ уынгæг зæ^дæ рахсæдыны ныфсæй сдзырдта мæцъæл хъæлæсæй. — Ныртæккæ адæм иу-- уылдæр тыхст æмæ уырыд сты. Исты мийыл чи фæцалх вæййы, уый æндæр искæй хъуыддæгтæ айрох вæййынц. Миты.æттейæ ма хъуыды кæнынæн цы фадат фæвæййы, уый та адæймаг йæ бæлццæтты фæдыл бахардз ка>ны, æмæ дæ æз кæй æрбайрох дæн, уым æппындæр диссагæй ницы ис, дæ нывонд фæуон, фæлæ йыл ма мæт кæн. ’ (— Стæй ма адæймаджы аныхас кæнын, искæимæ ау^наффæ кæнын дæр бахъæуы^—йæ ныхас.баппæрстд Цуца.æмæ ма иæм бафтыдта: — Дцы фцдбойнаджы уа- ъкр ’кахæн, сылгоймæгтæн, уæлдай уæззаудæр уымæн у,. 1*8'
æмæ нын аныхас кæныны фадат арæх кæй нал фæвæй- йы. Æрдз нын нæ хай фæкодта уыцы хæрзиуæг: хъуамæ кæнæм ныхас. Иудадзыг. Нæ зæрдæты къæбицтæ хъуа- мæ æвдæлон кæнæм ныхасы фæрцы. Ныр нын уый фа- дат арæх нал вæййы, фæлæ йын уæддæр, нæ уды бон- тæй кайгæйæ, хъуамæ уарæм фæрæз. Æмæ æз дæр, мæ . миты æттейæ арæх фæвæййын ныхасыл. Ацы райсом дæр мыл афтæ æрцыд, æндæра афтид миты æвджид куььуы- даин, уæд мæ, чизоны, нæ ферох - уыдаис. Чизоны, æрмтты змæлыны рæстæджы мæ мидхъуыды æвдæлон куы уыдаид, уæд мæ фæсонæрхæджы æрæфтыдаид, ды- сон мæ фæдзæхсгæ кæй бакодтай, уый... — Æмæ кæимæ ныхас кодтай? — цæхгæр æй афарс- та зæронд. Ацы дзырдтæ йын йæ зæрдæ кæй бакъуырд- той, уый йыл зынд. ■ «Кæсыс, зæронд, — феххæлдис та йæм йæ мидæнкъа- рæн, — æрдæбон зæгъгæ хорз кодтай. Цуцайæ марынæй дæр фæтарстæ. Дæхиуыл æй кæй стыхтай æмæ йæ-адæ- мæй, сныхас кæнын, ауынаффæтæ кæныны амал ын кæи- мæ уаид, уыцы адæмæй йæ кæй иппæрд кæныс, уый хатыс æмæ дæ цыма йæхæдæг дæр фæхатыдта, æрдæбон дæм афтæ фæкаст æмæ дæхиуыл дæ зæрдæ бахудт. Цуцайæ дæр ма фæтарстæ, фæлæ та дæ ныфс бацыд. Цуца ахæм- тæй кæй ницы хаты æмæ дæм кæй нæ мæсты кæны, уы- мæй та дæ ныфс бацыд æмæ та дæ зæронд зæрдæ фæ- къæпп ласта йæ ныхæстæм. Мыййаг, кæд ды ахаудтæ йæ зæрдæйæ æмæ йæхицæн йæ сæрибар рæстæг æрвитын æмæ ныхас кæнынæн æндæр искæй равзæрста, уымæй фæтарстæ æмæ дын хъыг уыд. Кæсыс, дæ ингæны къæ- сæрыл лæууыс, уæддæр’дæ цæрын фæнды æрмæст дæхи уды тыххæй, дæхи æхцон æмæ æнцондзинадæн. Искæмæн дæ уыцы ахастæй зиан кæныс, йæ сомбоны цардæууæлтæ йын кайыс, ууыл сагъæс дæ нæ фæнды». —Адæймаг кæимæ аныхас кæна, уымæй фылдæр та йын цы ис? — æвæццæгæн, зæронды фарсты цы ’мбæхст уыд, уый фæхатыдта Цуца æмæ фефсæрмы ис. Йæ мид- былты къæмдзæстыгæй дæр бахудт æмæ та сфæлхат кодта: — адæймаг кæимæ аныхас кæна, уымæй фылдæр та цы ис? Æз алкæимæ дæр ныхас кæнын. Алкæимæ ныхас, алкæмæй царды уынаффæтæ агу- рьш амонд никуыма никæмæн æрхаста, —йæ рагон не3;*г)ВæАЬ1Л Та алæгæРста уæддæр зæронд. — Дæуæн дæр дæ ^æсдзæн амонд; фæлæ дзы дæхи хиз. Адæм иууыл рзмæ бæллынц, зæгъгæ, æмæ дæ дзы алчи дæр хор- -19
зыл сардаудзæн, уый æнхъæл макуы у. Дæхи сæ хиз. Ды, мæ уд ын фæндаджы амонд фестæд, фæлæ уал ныртæк- кæ идæдзыл нымад дæ. Дæ лæг дæ фарсмæ афæдзгæйт- ты куы нæ уа, уæд фæнды æфтиаджы балцы уæд, фæнды хæсты, мах бæлццæтты уымæй хуыцау бахрьæд, стæй мах ныхасæй дæр ницы уыдзæи, фæлæ фæнды мæрдты уæд, уæддæр уал йе ’мкъай идæдзыл нымад у, æмæ ид- æдз ус æмæ зæрæстон хуым та иу уавæрæн сты: зæрæстон хуым дурæппарæн куыд у, афтæ идæдз ус та дам-дум, дзырдæппарæн у. Мæ фыд-зæрдæйы цардмæ, мæ фыд- зæрдæйы уавæрмæ ацы фыдбойнаджы дам-думы дзырд иу хатт фæныхилæд. Уæгъд дæ нал суадздзæн. Кæсыс, æз дысон -бонмæ фыдбоны арты сыгътæн. Хатт-иу мæ зонд дæр схæццæ. Ды мын иу сæхтæггонд цыдæр донимæ адардтай æмæ та мæнæ радзæбæх дæн. Æцæг, ны’рма ме уæнгтæ уæззау сты. Æнæуый мын кæй фенцондæр, уый бæрæг у. Кæсыс, цас дзурын. Уыйбæрц дзурын ма искуы мæ бон бауыдзæн, афтæ æнхъæл нал уыдтæн. О, æмæ дын уый дзырдтон, низæй фервæзæн ис, дам-думтæй нæй фервæзæн æмæ, цас адæмæй дæхи хи- зай, цас сæ дæхи хибардæр ласай, уыйбæрц æдасдæр уыдзынæ дам-думты азарæй... — Ды раст дæ, — зæронды раз сынтæджы чъилыл æр- бадт Цуца æмæ йын комкоммæ кæсы йæ фæлмæмбæрзт цæстьцæм. — Раст дæ ды, æмæ дын æз алы хатт дæр дæ фæдзæхст дарын мæ зæрдыл. Зæрдæ æмæ зондæй, стæй, кæмæ æрцыдыстæм, уыцы мыггаджыдæр махуæттæй хæс- тæгдæр ничи ис ацы хъæуы. Æмæ æз уый зæгъын: зæр- дæ æмæ зондæй дæуæй хæстæгдæр никæмæ дæн. Ууыл хъуамæ дызæрдыг ма кæнай. — Нæ йыл дызæрдыг кæнын, фæлæ уæддæр афтæ... Ныхас кодтон кæимæдæр, зæгъгæ, куы загътап, уæд мæм дызæрдыджы æнкъарæн фæныхылдта. - — Мæхи дзæбæх зæронд, — æргуыбыр кодта Цуца, зæронды æдхъæццул ныхъхъæбыс кодта æмæ йын йæ фæлмæн рустæн пъатæ кæны. — Абоны хуызæн дыл гадз- рахатæй никуы рацыдтæн, фæлæ мын ныббар. Ныхас та æз хъæубæстæй никæимæ кодтон, уынаффæтæ дзы никæ- мæй агуырдтон. Æнæуый дæр мын цъус нæй, кæимæ дзурон, ахæмтæ. Æз фæныхас кæнын мæ хæстон бæлц- цонимæ, мæ гыццыл æдзард хъæбулимæ, — йæ цæстытæ донæй айдзаг сты Цуцайæн, æмæ сæ кæлмæрзæны кæро- нæй ацахста, афтæмæй дзуры дарддæр. — Æз ыл ном дæр сæвæрдтон. Алы хатт дæр æм дзурын йæ иомæй. Йæ 20
сæры бæсты куы фæцыдаит йе ’намонд мад. Иууыл æй тæрхъустимæ уынын фыны. Семæ фæхъазы. Уыдон дæр уыцы дзæбæх фæхъазынц йемæ. Ныхас кæнынц, мæнæ ныртæккæ мах куыд ныхас кæнæм, афтæ. Æмæ йæ уый тыххæй Тæгу рахуыдтон. Йæхæдæг дæр тæрхъусты тæ- гутæ хоны æмæ йыл ахæм ном уымæн сæвæрдтон. О, æмæ ныр уыимæ фæныхас кæнын. Стæй ма ныхас кæнын мæ хъуджимæ, кæрчытимæ. Ацы райсом мын æгæр бирæ ны- хас ацайдагъ къуырттон каркимæ. Уыцы фæлварæг цæс- тытæй мæм каст, мæлинаг, цыма мæ хъуыдыты цы ис, уый мын мæ цæстытæй ракъахынмæ хъавыд. Æмæ йемæ уайдзæф ныхасыл фæдæн. 0, фæлæ иууыл фылдæр та пыхас кæнын мæхиимæ... — Дæхиимæ ныхас кæныны кары нæма дæ, мæ хур, æмæ йæм дæхи ма ’ппар, — йæ дзырд ын фескъуыдта зæронд. Фескъуыдта йын йæ дзырд, фæлæ йын дарддæр цы уынаффæ бакæна, уый йæм нæй. Æниу æм кæд ис, уæддæр ын цæттæ нæу. Æрдæбон чысыл’ раздæр фæ- тарст, кæд, зæгъгæ, мыййаг, æндæр искæимæты сæм- дзæхтон ис, семæ фæныхас кæиы, фервиты семæ йæ сæ- рибар рæстæг. Уымæй зæронд тынгдæр йæхицæн тарст. Йæхæдæг бынтон иунæг æмæ дзæгъæлæй куы баззайа, уымæй фæтарст. Ныр та бынтон æндæрæрдæм ныззыл- дысты йæ хъуыдытæ. Дæхиимæ дæр, дам, ма ныхас кæн. Уый, дам, зæрæдты хъуыддаг у. Æмæ йæ кыр куы ба- фæрса, уæдæ ма æндæр кæимæ ныхас кæнон æз, уæд ын цы дзуапп радтид, цымæ? «Зæронд, дæ хъуыдытæ, дæ тæбынау, суйтæ кæиын байдыдтой æмæ сæ пыууадз, — уынаффæ йын кæны йæ мидæнкъарæн. — Цæстæй цы уыныс, цы бавзæрстай æмæ ма дæ фенын, бавзарын цы фæнды, уыдæттыл дзур. Дæ ^æрдæйы, дæ сæнтты цы ис, уыдоныл дур ныффæлдах. Нæй дын хуыздæр гæнæн». — Цуца, мæнæ ма мьтн мæ къухыл рахæц, дæ нывонд фæуоп, æмæ чысыл рабадоп, — лæгъстæгъуызæй йæм сдзырдта. Йæ лæмæгъдзинад ын нырмæ нæ уыд равдиси- паг, фæлæ йын ныхас кæныны фæрцы йæ дыууæ ныхмæ æвæрд цæстæнгасы кæд айрох кæнид Цуца, зæгъгæ, уый тыххæй йæ лæмæгъдзинад фергом кæныныл дæр нал бамæт кодта. Цуца йын рахæцыд йæ цонгыл. Афтæ арæхстгай йын ыл рахæцыд, раст ын цыма йæ хус цонгæн раскъуыйы- наей тарст. ■— Куы йæ рабадын кодта æмæ йын йæ фæсонтæм базтæ , 21
куы сæвæрдта, фæстæмæ куыд нæ ахауа, афтæ, уæд та йæ разы сынтæджы чъилыл æрбадт. Йæ цæсгоммæ йын- комкоммæ каст, афтæмæй йæ бафарста. Дисгъуызæй йæ бафарста: — Уæдæ хиимæ ныхас кæнын дæр тæссаг у? — Куыд дын æй зæгъон, дæ нывонд фæуон? — тыхст- гъуызæй дзурц зæронд. Бæргæ йæ куьт’ нæ хъæуид дзурын, фæлæ симды бацыд æмæ ма йын цы æнæсимгæ ис? — тæссаг цы у æмæ тæссаг цы нæу, уыдон, /мæнæу æмæ цъæмæлтæ кæрæдзийæ ахицæн кæнынау, æнцон хъуыддаг куы уаиккой, уæд сыл уынаффæ дæр нæ хъæ- уид, фæлæ уый зын райхалæн у. Æниу, хинмæ дзурын та тæссаг цæмæй у? Адæймаг йæхиуыл комдзог куы рацæуа, уæддæр йæ зиан дæр æмæ йæ пайда дæр йæхимæ баз- зайдзысты. Йæхи æвзаджы фыдæй дам-думты амæттаг никуыма ничи фæцис. Фæлæ адæймагæн йæхицæй дард- дæр, кæимæ аныхас кæна, кæимæ ауынаффæтæ кæна, иугæр уый куынæуал уа, уæд цардиппæрдмæ цæуы йæ фæндаг... Фæлтау, цалынмæ адæймаг йæ уæрджытыл, йæ къæхтыл фидар лæуынхъом у, уæдмæ хъуамæ> агура, йæ- хицæн, йæ ныхас кæмæн зæгъа, ахæм адæймаг. Æрмæст ахæмты хъæуы уырзæй сгарын, цырагърухсæй агурын. Зæгъæм, дьт мæнæй куы ахицæн уай хъысмæты фæндо- нæй, уæд дæ ногæй бахъæудзæн иу мæхуызæн иузæрди- он, дæ цард дын сæнад кæнынæй йæхи дæр æмæ дæу дæр чи хиза, ахæм адæймаг. Уый дын æз уымæн дзурын æмæ, бас кæй басудзы, уый йæ доньтл дæр фу фæкæны. Мæн та уыцьт бас афтæ басьтгъта æмæ... * * * Мадьт гуыбыны дæр вæййы хъулæттæ. Æмæ уæдæ Ты- ны хъæу, æцæг, мæнæ-мæнæ стыр хъæу нæ уьтд, фæлæ уæддæр мады гуыбыпæй стырдæр куыд нæ хъуамæ уыда- ид?-Иугæр мады гуыбынæй стырдæр уьтд æмæ мады гуьт- бьтны дæр хъулæттæ вæййы, уæд уьтм, Тыньт хъæуы, цæ- уьтлнæ хъуамæ уьтдаид хъулæттæ? Уьтдаид дзьт хъуамæ, æмæ дзы уыдис. Дзылыты фыдыфырт цæрæнбонты дæр æгас хъæуьт нæ, фæлæ æгас комбæсты зындгонд уьтдьтс- тьт сæ фыдахиндзинадæй. Сæхи кæд æнхъæлдтой æмæ хуыдтой уæлбикъон. Мах, дам, æндæр адæмтьт уагыл не сфæлдыста хуыцау. Мах, дам, сæрмагонд æрмæгæй са- рæзта æмæ, дам, хъуамæ цæрæнбонтæм хицæп кæнæм 22
иннæ адæмæй. Æмæ, æцæг, хицæн кодтой. Хицæн код- той ахæм хуызы: сæ фынгмæ ничи цыд, йæ фынгмæ сæ ничи хуыдта. Уый дын сæ уæлбикъондзинад! Æмæ чи ба- бæлла ахæм уæлбикъон уæвынмæ, уый-иу йæ хъæубæсты ’хсæн Дзылыты мыггаджы уагæй фæцæрæд, стæй йæ ба- зондзæн, цас бæллиццаг у ахæм цард. Æниу, цард куыд размæ цæуы, куыд ивы, афтæ ивынц æрдз æмæ адæмы æууæлтæ дæр. Дзылыты ’хсæнæй дæр рацыд, адæмы, хъæубæстæ æмæ комбæсты иумæйаг равгыл чи ныллæууыд, адæмы хъæр чи бамбæрста, ахæм хæдзарвæндæгтæ, фæлæ Мирманы хæдзарвæндаг сæ фы- дæлты фарн уæддæр мæрдтæм нæма уыдысты ауадзинаг. Фидар ыл хæцыдысты. Мирманы хæдзарвæндаджы лæп- путæй иу Æмзор хуындис. Йæ тæккæ лæппуйы кармæ куы бахызт Æмзор, уæд ныххæцыд дыууæ хъуыддагыл: сæрд хæхтыл зылд æмæ цуан кодта хъæддаг кæрчытыл, зымæг та æххуырст фыййау цыдис Хъызлармæ. Цуанон цы хох нæ басгары, уый, дам, сырдджын æн- хъæлы. Æмзор ахуыр кæдæм уыд, уыцы хæхтæ æмæ йыл ’фæтæнтæ рахæтыдысты. Раздæры хуызæн лæггад ын нал кодтой. Æрвыл ацыдæн дæр-иу æстгай, дæсгай кæр- чытæ кæцæй æрхаста, уым ма ныр æнæхъæн мæйгæйтты кæд иу кæнæ дыууæ хуыргарчы баййафа, уæд уый дæр хорз. Фылдæр хатт афтид армæй æрæздæхы æмæ сфæнд кодта йæ цуангæнæн бынат аивын. Уыйадыл иу сæрды- гон райсом ацыд Къуырфытæм. Чидæр ын йæ хъусы ба- цагъта, уым тынг саунæмыгджын у, зæгъгæ, æмæ хуыр- тарк та саунæмыджы фæдыл мæрдтæм дæр фæцæудзæн. Тыны хъæуæй Къуырфытæм дзæвгар суайын хъуыд, фæлæ уæрагæй фпдар Æмзор ахæмтыл кæм хъуыды код- •та? Иæ цуанамонд бынтон хуыцауæй æлгъыст ма фæуæд, æндæр авд хохы сæрты дæр ахиздзæн. Фыццаг кæркуасæны ацыд æмæ аходæн афонтæм уым уыд. Саунæмыгджыи лæнчытæ пын кæм бацамыдтой, уырдæм куы бахæстæг, уæд уым иу суадоны цур æр- бадт. «Мыййаг дзы бирæ куы уа, уæд сæ фæдыл дæр бирæ рауай-бауай бахъæудзæн, — йæхицæн æмбарын кодта, суадоны цур цæмæн æрбадт, уыцы хабар. — Цæмæй мæ къах ма цуда, уый тыххæй мæ хъæуы чысыл аулæфын æмæ аходæн бахæрын. Афтид ахсæны бын цыхуызæн фæнды фидар уæрджытæ дæр тасаг вæйпынц. Хуыргæр- чытæ та ахæм цуаноныл худгæ фæкæнынц. Фугæйы къу- тэерты ’хсæнты йæ фæрасай-басай кæнынц, цæмæй тынг- 23
дæр ныффæллайа, искуы ныххауа æмæ дзы стæй сæхæ- дæг хынджылæг скъæрой». Æмæ баулæфыд Æмзор, бахордта кæрдзын æмæ, аныр сыста, йæ аходæны уæлдæйттæ бафснайа æмæ къуылдымæй Къуырфытæм акæса, афтæ йæ хъустыл ау- ад цавæрдæр хæццæ хъæлæба,.худын. Бæрæг уыд, чидæр Къуырфытырдыгæй уыйæрдæм кæй æрбацæйцыд. Æвæццæгæн цуангæнджытæн се ’рдзы конды ис ахæм хабар: зæрдæвæндон амæттагыл фембæлын æнхъæл сæ- ных кæдæм саразой, уыцы бынат сын цыма зæдтæй ньь вондгонд у, æмæ йæм сæхицæп дарддæр æндæр ничи- уал ницы бар дары, ахæм зонд сæвзæры сæ фæсонæрхæ- джы æмæ дзы, зæгъгæ, «æцæгæлон» адæймаг баййæф- той, фæнды цуан кæнæд, фæнды æиæуый исты аразæд æмæ йæ хъæлæбайæ знæт кæнæд, Фсати ацы цуаноны тыххæй йæ фосæй кæй рауæлдай кодта, уыдон, уæддæр уыцы «æцæгæлон» адæймаг у сæ цыфыддæр зпаг æмæ йæм кæддæриддæр кæсынц фыдæх цæстæй. Æниу, цуа- нонты рагон æмæ фидар фæткмæ гæсгæ алы цуангæнæг дæр хæсджын у, цæмæй йæ амæттагæй цæстуарзон хай бакæпа, рæствæндаг чи нæ фæцис æмæ афтид армæй йæк къонамæ чи здæхы, уыцы цуанонæн, фæлæ, æвæццæгæн, дунейыл иу ахæм лæг дæр нæма уыдаид, æцæг, зæрдæ- йæ, æхсызгонæй йæ амæттаг сырды хуыздæр хæйттæ чи æрлыг кодта, æмæ сæ уыцы «æнæрæгъыдзыд» цуанонæн’ йæхинымæры æнæралгъитгæ чи радтаид. Æмзор ахæм зæрдæйыуаджимæ цыд Къуырфытæм, цыма уыцы бынат ныртæккæ хуыцауæй дæр æмæ пад- дзахæй дæр æрмæстдæр уымæн лæвæрд у æмæ йæм æн- дæр адæймагæн нæдæр цæстæй бакæсыны бар ис, нæдæр ын дзы йæ къах æрæвæрæи ис. Лфтæмæй та йæм уыцы хъæлæбагæнджытæ кæд цыдысты комкоммæ дæр Къуыр- фытырдыгæй. — Ныр сæ иууылдæр хуыргæрчыты цагъд ма фæкæ- нон, — йæ маст зынæй уромгæйæ дзуры, æнæуый дæр адæммæ фыдæхдзинад æмæ æнæуынондзинад йæ туджы кæмæн ис, уыцы фыдахин лæппу. — Цы фыдбылызтæ сæ сардыдтой мæ хуыргæрчытæ тæрсын- кæныныл? — афтæ- ахъуыдытæ æмæ йæхицæн аныхæстæ кодта, фæлæ- йæм загъд кæныны зæрдæ нæ уыд. Цуанон цы хъуыд- даджы фæдыл рацæуа пæ хæдзарæй, уымæй фæсвæндæг- Т1!л ма хъуамæ зила. Хъуамæ комкоммæ йæ нысанмæ цæ- уа. Ныр ам загъдыл куы схæца, уæд, цæмæйзон, чердæ- мыты ныссаджилтæ уыдзæн йæ фæндаг æмæ... 24
Хъуамæ фæсфæд ахызтаид, искуы мæхи æраууон кæ- ион, зæгъгæ, стæй куы ахизой, уæд ныллæудзынæн мæч хъуыддагыл. Фæлæ йын уый дæр нæ рауад. Хъæлæба- гæнджытæ æгæр æрбахæстæг сты, уымæн та йæ алы- вæрсты, йæхи нæ, фæлæ йæ хъримаг кæй фæстæ æрæм- бæхстаид, ахæм къутæр, науæд къуылдым дæр нæ ра« зынд. Фæстæмæ йæ фæд-йæ фæд дæр, чизоны, фæца- гайдтаид, фæлæ йæ уыцы быгъдæджы æнæфенгæ нæ фæ- уыдзысты æмæ цы зæгъдзысты? Чи у ацы тæппуд, цып- пæрвадæй кæдæм скъæры, зæгъгæ, зæгъдзысты æмæ уый дæр йæ сæрмæ нæ бахаста. «Цæй, цы джитæнтæ кæнын? — йæхицæн уайдзæфтæ- кæны. — Мыййаг, хъæддаг адæм куынæ уыдзысты. Чи- зоны ма мын исты пайдайы уынаффæ дæр бакæной. Æз нырм’а фыццаг хатт дæн ам. Чизоны мын ахæм бынат бацамоной. æмæ ’дзы капд хуыргæрчытæ нæ, фæлæ сæг- уыттæ, науæд сычъитæ дæр рамарон.» — Суадонмæ хæс- тæг иу саппыл æрбадт æмæ, йæ хъримаг сæрфын æфсон, рæстæгмарæн кодта, афтæмæй æнхъæлмæ каст, цахæм адæм æрбазындзæн ныртæккæ уæртæ уыцы къуылдымæй, уымæ. Æмæ æрбазындысты уыцы адæм. Уыдон уыдысты сау- нæмыгдзау сылгоймæгтæ, фæлæ саунæмыгдзау кæй уы-- дысты, уый нырма бæрæг нпцæмæй уыд. Алкæмæ дæр дзы уыд хызын, фæндаггаджы къæбæр кæм азæрынн, ахæм хызын. Ахæм хызын саунæмыг топынмæ ничи ра- хæсдзæн, фæлæ уыдон цыдысты суадокы цур кæрдзын бахæрынмæ. Сылгоймæгтæ Æмзоры куы ауыдтой, уæд иуцъусдуг сæ худын æмæ сæ хъазæн ныхæстæй фæлæууыдысты. 1<æ- рæдзийы хъусты цыдæртæ асусу-бусу кодтой, стæй дзы иу, æвæццæгæп, сæ тæккæ къæйныхдæртæй чи уыд, уый, афтæ бакодта: — Абон бæрæгбон у æмæ нын уæддæр нæлгоймаг ку- вæг нæ уыд нæ фынгыл. Æгайтма мæнæ ацы дзæбæх лæппуйы ам æрбаййæфтам. Кæд нын нæ къæбæрыл баз- вæрса æмæ н’ын нæ кувипæгтæй Кæрдæгхæссæны зæдтæн акува, уæд дзы бузныг уыдзыстæм. — Ой, цæуылнæ нын акувдзæн? — йæ ныхас баппæр- ста æндæр сылгоймаг. — Æз мæхæдæг дæр дзæбæх аку- вин, фæлæ сылгоймаджы куывдыл чи не ’ввæрсы, уыцы зæдтæ дæр нæлгоймæгты хуызæн суæд, кæд мах уыдонæй цæмæй цауддæр стæм. — Æмæ уæм, мыййаг, уыцы зæдтæн ахæм бæрæг 25<
дзырд исты ис, зæгъгæ, уын уæ куывтытыл нæ баввæрс- дзысты. Сæ ныхæсты ком Æмзорырдæм арæзт кæй у, уый бамбæрста æмæ ма сæм цы боны хорзмæ æнхъæлмæ кас- таид? Уадз æмæ зоной, кæмæй ахынджылæг кæной, ахæ- мыл кæй нæ фембæлдысты. Куы сдзырдта æмæ сылгоймæгты ’рдæм куы акаст, уæд дзы иу цыдæргъуызон фæцъæхахст кодта æмæ аф- тæ зæгъы: — Саубон мыл, уый уæртæ нæхи Æмзор куы у,—- йæ хызын чызджытæй кæмæдæр авæрдта ^емæ йæхи ап- пæрста лæппуйы ’рдæм. Йе ’фцæджы ныттыхст афтæ бадгæйæ, стæп йæхæдæг дæр йæ фарсмæ æрбадт. — Цы дæ схаста Тыны хъæуæй ардæм, чи дæ амард, уый стæн? — Масо, дæу цы схаста ардæм, дæу, науæд цуаион лæг хæтæнхауæг вæййы æмæ кæм нæ балæудзæн? — ком- коммæ йын йæ цæстытæм каст, афтæмæй йæ фарста Æм- зор. — Цуанон лæгæй мойгæнæг чызг фыддæр у, ме ’фсы- мæр, — хъазæн ныхасыл схæцыд ус. — Иугæр сылгойма- джы буар йæ гаччы куы сбады æмæ йæ сылыстæгон равг куы стæлфы, уæд хæхтæ æмæ быдыртæ нал фæфæрсы. Йæхи кæуыл бакъул кæна, уый адæргæй кæм нæ амидæг уыдзæи. Гъе, уыцы хабар схаста мæн дæр ардæм... Чындзытæ суадоны былыл иу фæзран фынг айтыгъ- той, хæрипæгтæ æвæрынц. Нæ .сæ æндавы се ’мбалы æм- хъæуккаг. Чизоны дзы цскæй æндавгæ дæр кæны, чизо- ны дзы искæй зæрдиагæй фæнды уыцы лæппумæ бæс- тæтты бакæсын, фæлæ сын сæ æмкъæйтты æфсарм æмæ уыдон тызмæг цæстæнгас ам дæр сæ рохтыл хæцынц, сæ авналæптæ сын сæхи бар нæ уадзынц æмæ уый тыххæй сæхи хизынц æцæгæлон нæлгоймагмæ бакæсынæй. Кæд дзы, мыййаг, искæмæн йæ зæрдæйы кæрæф æнкъарæнтæ бынтон нæма сфæлахс сты, уæд сын хуыцауы дзæгъæлы сæ цæхæр цы схъауа, уыцы хъуыды дæр дзы уыдис кæ- мæдæрты. Чындздзон чызджытæй йæ сомбоны сæры хицау ных- стуат кæмæн у, уыдон хъуызгæ каст кæнынц Æмзормæ. «Уый»-имæ йæ барынц æмæ «йæхион» уындджындæр æмæ кондджындæр кæмæ фæзыны, уыдон уыцы сæрыстырæй сæ былтæ акъуырынц æмæ æхцон зæрдæйы уагимæ баиу вæййынц чындзытæм. Иннæрдæм кæмæ фæзыны, уыдо- нæн цыдæр фæсмоиы æнкъарæн фæныхилы сæ зæрдæ- тæм. Цæмæндæр дзы алкæмæ дæр афтæ фæзыны, цыма 26
«Уый» куынæ фæразæй уыдаид, уæд абон ам, мæнæ ’Къуырфыты фæсзæнг уазал су.адоны цур æнæмæнг йæ амонд ссардтаид. Æппæт ацы æнкъарæнты рассæнд-бассæндимæ æм- дзæхтон не сси иу рæхснæг, гуырвидыц чызг. Уый æиæ- уый дæр лæууыдис хибарæй. Цыма æппындæр ницæуыл .хъуыды кодта, афтæ йæм зынд æмæ комкоммæ уыцы къæйных каст кодта лæппумæ. Кастис æм, цыма удгой- маг нæу, фæлæ дурцырт, ахæм æнæкъæмдзæстыг æига- сæй. Кастис æм æмæ йæхинымæры хъуыды кодта: «Ныр дзы, цымæ, цы мæ цæстытæ ныссагътон? Ныр мæ уæдта фæхатыдта, уæд мæ налат чызг нæ фæхон- дзæн? Цæй, ныууадзон æй. Цæмæн мæ бахъуыд? Науæд мын дзы пайда цы ис? Чизоны, æдус, æдзæнæг у уæдта, уæд æм æз цы, æнхъæлмæгæсæджы æмдзаст ныд- дæн? Цæй, æмæ дæлæ ме ’мбæлттимæ æз дæр фыиджы кой бакæнон... Стæй кæд фынгыл æрбада, уæд мæ хуыз- дæр æфсон уыдзæн æмæ йæм бæстондæр бакæсдзы- нæн...»— æмæ пæхи тыхæн аласта, чындзытæ æмæ чыз- джытæй чидæртæ фынг кæм æвæрдтой, уырдæм. Æмзор Масойы фарстытæн цыдæр æнæввæрсон хуы- зæй æнæбары дзуаппытæ лæвæрдта, йæхæдæг йæ цæсты- зул чызджытырдæм дардта æмæ йæ, фæлтæрд бæхæл- ^сæнæгау, иуæй иннæмæ уыцы сындæг, арæхстган æр- гъæвта. Æргъæвта йæ, æмæ йын, чи пæм нымдзаст, уыцы рæхснаг, урсдзæсгом чызгмæ куы рахæццæ, уæд йæ зæр- дæ цыдæргъуызон фестъæлфæгау кодта. Йæ мидбынаты базмæлыд æмæ уый дæр чызгæй йæ цæстытæ нал фæхи- дæн кодта, афтæмæй бафарста Масойы. — Уæртæ уыцы хъацæнджын мæры æнæуд æфсир та цавæр маргъы мыггаг у? — Кæцыйæ зæгъыс? — чызджытырдæм акаст Масо æмæ, хибарæй чи лæууыд, уыцы чызгмæ цæстæнгасæй лцамыдта: — Саучызгæй зæгъыс, æвæццæгæн? — Сау нæ, фæлæ ма æгæр урс дæр куы у, — æнæввæр- сон худт та бакодта Æмзор. — Иæ ном хуыйны афтæ, науæд хуры гуыдыны хуы- зæн куы у йæ цæсгом, æз дын амæлон, стæй ма йын йе уæнгты æвæрдмæ дзæбæх бакæс. Цыма йæ барæй сныв чындæуыд, афтæ нæу, æз дын амæлон? — Саучызджы цыма Æмзорæн уæй кодта, ахæм хуызы дзы æппæлыд Масо. — Æмæ удыхъæдæй та куыд у, удыхъæдæй? — Ие ’ттаг бакаст æмæ йæ удыхъæд кæрæдзийы хал- 27
дих сты. Иу дзы иннæуыл комдзог нæ цæуы. Иуы тых- хæй дзы иннæ къæмдзæстыг никуы уыдзæн, — ноджы дзы æппæлы ус. — Сæ хæдзарвæндаг хъæуы мидæг исты ахады? — чызгæй йæ цæстытæ уæддæр нæ исы, афтæмæй фæрсьг Æмзор. — Хъæубæсты цы, æнæхъæн комбæсты дæр йæ фыдæй дзырддзæугæдæр, уымæй кадджындæр лæг цырагъы рухсмæ дæр не ссардзынæ... — Гъе, æмæ-иу уæдæ уыцы дзырддзæугæ лæгæн йæ хъусты бацæгъд, — ныр бынтон рахызт бæхæлхæнæджы æгъдаумæ Æмзор. — Зæгъ-иу уыцы æгъдауджын лæгæн, хуыцауæхсæвы, зæгъ, дæм Тыны хъæуы Дзылыты Мир- манты хæдзарвæидагæй уыдзæн минæвæрттæ дæ хъацæн- джын хуымы æфсиры хуызæн чызджы тыххæй æмæ, зæгъ„ сæ ныхасыл дыууæ куыд нæ зæгъай, науæд мах цахæм туджы хицау адæм стæм, уый дæхæдæг хорз зоныс... Масо, мæгуыр, йæ хуыз аныхъуырдта. Иæхиньшæры йæ рустæм фæлæбурдта: «Ме ’взаг куыд бахус, цы ба- кодтон уый? Цы схæцыдтæн мæгуыр чызгæй, науæд йæ хæдзарвæндагæй æппæлыныл? Ныр ацы сау халæттæ сæ ныхтæ куы ныссадзой Саучызг, æмæ йæ ныййарджыты, уæд мæ сыджыты хæринаг æвзаджы тыххæй мæгуыр чызг хъуамæ кæфхъуындары хъæлæсы аирвæза?..» — Цæуылдæр гуырысхо кæныс, Масо? — нæ аирвæзт Æмзоры цырд цæстытæй, Масойы зæрдæйы равг цæхгæр кæй фæивта, уый æмæ йæ афарста: — Мыййаг кæд,нæ хæдзарвæндаджы аккаг не сты, мыййаг, æгæр сæ кæй сæстыдтай чызгæй, хæдзарвæндагæй, ууыл фæсмон кæ- ные кæд, уæд мын æй рагацау зæгъ æмæ донæн цалын- мæ йæ тæнæджы лæууын, уæдмæ дзы раздæхон. Иугæр йæ арфмæ куы баирвæзои, уæд та дзы æгады цыдæй нал рацæудзынæн. Ууыл дæхæдæг дæр хъуамæ дæ зæрдæ да- рай, — йе уæхсчытыл ноджы бæрзонддæр схæцыд æмæ уыцы сæрыстырæй дзуры Æмзор. . — Нæ зонын, дæ нывонд фон, — бынтон стыхст ус, йæ къухы ныхтæ æхсыны, афтæмæй дзуры ризгæ хъæлæ- сæй. — Мыййаг, æцæг, уæ хæдзарвæндаджы аккаг куы нæ разыной æмæ æлгъыстаг куы фæуон, — архайы ма йæ рæдыд рараст кæныныл, фæлæ æвæццæгæн, хъысмæт йæ хиндзинæдтæ фæлварынмæ кæм бавналы, уым адæйма- джк зонд æмæ ныхас ницыуал фæкæрдынц. Æмзор нæ фæчъил ис Масоны ныхæстæй дæр. Иæ къух ауыгъта æмæ афтæ зæгъы: 28
— Ницы кæны. Цыфæнды сæппой бæхæн дæр йæ бай- раг æвзонгæй арæхстджын лæджы къухты куы бахауы, уæд дзы рауайы æмбисонды сираг бæх. Нæ хæдзарвæн- .даг та уымæ куыд арæхсынц, уый дын æнæзынд нæ уы- дзæн... / Цы гæпæн ма уыд Масойæн дæр, мæгуыр, æмæ æнæ- бары сразы ис Дзылыты фырты фæндоныл, æрмæст ма иу хъуыддагæй йæхицæн æвæрдта ныфс: «Бафæдзæхсдзынæн чызджы, цæмæй йæ фæсонæр- хæгмæ дæр ма бауадза ацы бирæгъы лæппынæй смоп кæ- ныны хъуыды, науæд æнæхъæп хъæуæн дæр æлгъыста- гæн баззайдзæн мæ ном...» Æ, уæд амондскæнæгæн мацæмæй фæкуывдæуа! Йе "^заг цас карста Масойæн, уый бæрц фæдзырдта Сау- чызгæн, йæ мадæн. Сыхы устыты дæр ма сыл бандзæрс- та, фæлæ чызгæн цыдæр хæйрæджытæ схæццæ кодтой йæ зонд æмæ Мирманты хатджытæн чызджы фыд афтæ .куы загъта, зæгъгæ, мæ чызджы æвæндднæй мæ бои ни- цы зæгъын у (Масойы ныхæстæй Саучызджы фыдæн нæ- дæр йæ чызг исты загъта, нæдæр йæ бинойнаг), уæд чызг- мæ барвыстой сыхæгты ног чындзы æмæ уымæн æрбар- выста ахæм къæйных дзырд, зæгъгæ, кæд искуы мой кæнинаг уон, уæд æрмæстдæр Æмзорæй, æндæр мæ ар- вæй зæххы æхрæн ничи хъæуы. Ацы ныхас фехъусгæйæ, хатджытæ бабуц сты сæхицæй. Саучызджы мадæн дæр иттæг хъыг нæ уыд. Цæвиттрн, йæ чызгимæ уый размæ ауынаффæ кодтой Масойы ныхæстыл æмæ йын сæ баны- мадтой æнæцæстуарзондзинадыл. Фыд дæр ма цы загъ- таид йæ чызджы фæндоныл? Баууæндыд хатджыты æп- пæлæн ныхæстыл дæр æмæ... Мирмантæ афтæ тагъд кодтой хъуыддæгтыл, афтæ рæвдз сæ арæзтой, æмæ Саучызджы цæгатæн искæй афæрсын, искæимæ ауынаффæ кæнын дæр сæ къухы нæ- ма бафтыд, афтæ тд сæм сæрвыстой, зæгъгæ, сабаты уæ чызг искæимæ рацæуæд горæтмæ æмæ йын хъуамæ чындздзон дарæс балхæнæм. Цы бон сæ уыд? Дзылыйы байзæддаджы алы фæндон дæр рæвдз æххæст кæныныл афтæ фæцайдагъ сты цыбыр рæстæгмæ æмæ сын, æвæц- ;цæгæн, афтæ куы загътаиккой, уæ чызджы ныи нæ хæ- дзармæ уæхи къахæй æркæнут, уæддæр нæ фæфæстиат уыдаиккой. Ацы хъуыддагыл сæм хъæу мæсты кодтой. Масойы ныхæстæ ахæлиу сты хъæубæстыл æмæ сæм мæсты кодтой, уайдзæфтæ сæм æппæрстой. Уыдрн та, адæм сын цас фылдæр дзырдтой, хъуыддагыл æгæр ма 29
тагъд кæнут, мах дæр мыггаг стæм, хъæубæстæ стæм! æмæ иу хатт фенæм нæ ног лымæнты, зæгъгæ, уый бæрц уыдон та ноджы фыддæрæй фыддæр кодтой. Мад æмæ* чызг лæгæн дæр бауырнын кодтой, зæгъгæ, нæм хъæу- бæетæ хæлæг кæнынц, ахæм хæстæджытæ кæй ссардтам, нæ чызджы ахæм амонд кæй фæцис, уый тыххæй æмæ нын нæ разы бæндæнтæ уымæн тауынц, уый тыххæй пæ къуылымпы кæнынц. Уыцы бон Саучызгæн йæ мад хъæрзгæ уыд, фыд йæ- сæрмæ нæ бахаста йæ чызгæн дзаумæттæ æлхæнынмæ йæ ног сиахсимæ ацæуын, йæ хисдæр хотæ быдыры хъæутæм сты чындзыдзыд æмæ дзы къухы ничи бафтыд. Æрвадæл- ты чызджытæ æмæ чындзытæй кæмæдæрты бахатыдыс- ты, фæлæ сæм иууылдæр хæрам кæй уыдысты, уымæ гæс- гæ ничи дæр йæ чызджы ауагъта Саучызджимæ, ничи; дæр йæ чындзы. — Æз мæнæ мæ чысыл æфсымæримæ дæр ацæудзьг- нæн, фæлæ мæгуыр дæр сæхæдæг, — йæ цæссыг калгæ йæ- дыууадæсаздзыд æфсымæры æфцæджы ныттыхст, афтæ- мæй дзырдта Саучызг. — Мæгуыр дæр сæхи бон мæ амондмæ хæлæггæнджытæн, æндæра æз мæхæдæг иунæ- гæй дæр ацæудзынæн. Цæмæй тæрсын Æмзоримæ? Уый хуызæн æгъдауджын лæппу, уый хуызæн кадджын хæ- дзарвæндаджы лæппу мæн искæмæн æфхæрын бауадз- дзæн, мæнæн, цы не ’мбæлы, фæтк цы нæ амоны, ахæм ми бакæндзæн? Уæдмæ дæр уал сæ сæры хъæбæртæй куы хъæрзиккой нæ хъæуы лыскъзæрдæ адæм... Нысангонд æмгъуыдмæ Æмзор сæ размæ рацыд стыр фæндагмæ. Ацыдысты горæтмæ. Хуыцауæхсæвы Æмзо- ры мады хомæ баззадысты. Райсомы дæр нæ батагъд. кодтой. Горæт ме ’нæзонгæ нæу. Азилдзыстæм, алхæк- дзыстæм, цы дзы нæ зæрдæмæ фæцæуа, уыдæттæ æмæ- фæстæмæ афардæг уыдзыстæм, зæгъгæ, Саучызгæн ныф- сытæ æвæрдта Æмзор æмæ суанг фæсаходæнтæм бафæс- тиат кодтой сæ фысымтæм. Уый фæстæ ацыдысты го- рæтмæ. Горæт ын, æцæг, амонын нæ хъуыд. Бирæ хæтты та дзы æрзылд. Зыдта, дуканитæ кæм сты, уый æмæ сын азылд сæ тæккæ ихсыддæртыл. Цыдæр æнæбары мур- тæ алхæдтой, кæмдæр хæрæндоны дæр афæстиат сты; Куы рацыдысты, уæд изæр кодта æмæ Саучызг батыхст: — Мах рухсæй хæдзармæ нал фæхæццæ ^уыдзыстæм. Фæлтау ма ахсæв ам ныллæууæм, стæй райсом раджы ацæудзыстæм. — Мæ мады хойы зæрдæмæ тынг фæцыддæ, Сау- 30
чызг, — чызджы æфцæджы æрбатыхст, фæсгорæтмæ куы ахызтысты æмæ сæ уынæг куы ничиуал уыд, уæд, афтæ- мæй дзырдта Æмзор. — Ахсæв та хъуамæ фæуæм ме ’ннæ мады хомæ. Кæд ма уый зæрдæмæ дæр афтæ фæцæ* уай, уæд зондзынæн, чызг æвзарынмæ рæвдз кæй дæн, уый. Саучызгæн æхсызгон уыдысты ацы æппæлæн ныхæс- тæ æмæ ницыуал загъта, æрмæст йæхинымæры хуыцау- мæ балæгъстæ кодта, цæмæй фæцæуа уыцы мады хойы зæрдæмæ дæр. Уадз æмæ Æмзорæн йæ хæстæджытæ иу- уылдæр буц уæнт йæ равзарæггагæй. ...Æмæ фæцыдис уыцы фысымты зæрдæмæ дæр. Тынг ыл бацин кодтой ус дæр æмæ лæг дæр, стæй æрыгон чыз- джытæ æмæ иу къаннæг лæппу дæр. Æрмæст уыдон Æм- зорæн йæ хæстæджытæ, йæ мады хо æмæ уый байзæддаг нæ уыдысты, фæлæ йæ мад, йæ фыд, йæ хотæ æмæ йе ’фсымæр. Гъе, уыцы «хæстæджытæм» æй бакодта ком- коммæ Æмзор, фæлæ Саучызг ницы базыдта, цалынмæ сæм чидæртæ не ’рбацыдысты æмæ фысымтæн арфæтæ нæ кодтой, уæ чындзæрконд амондджын фæуæд, зæгъгæ, уæдмæ. Саучызг ма, мæгуыр, бæргæ, атæлфыд, йæ дзыккутæм фæлæбурдта, куыдта йе ’фсымæр дæр, фæлæ сæ æрба- цæуджытæ æрсабыр кодтой: — Чындзæхсæв скæнын дæр нæ бон уыд, мæ хур- тæ, — дзырдта сын æрбацæуæг устытæй ацæргæдæр.— Афтæ ма æнхъæлут, цыбыркъух стæм, фæлæ кæмæн чын- дзæхсæв кæнæм, кæмæн хъуамæ бахæрын кæнæм нæ муртæ? Нæ хъæубæстæ, мæнæ ацыхæдзарвæндаг куы нæ нымайæм, уæд æнæхъæнæй иу хъарм дзулы аргъ ие сты. Æмæ сын чындзæхсæв куы скæнæм, уæд ма ахъуыды кæ- нут: цал дзулы бахæрдзысты, цал сæхиаргъы скуынæг кæндзысты. Æмæ сын бæсты та æппындæр ницы цæуы. Кæсыс, чындз æркодтам æмæ нæм дзы сæ фырхæлæгæй арфæ ракæнынмæ дæр ничи æрбауад. Кæсут ма-иут>.æн- дæра райсом дæр, уый фæстæ дæр искæмæ разына ахæм лæгдзйнад æмæ æрбауайа, минас дæр фæкæна æмæ нын нæ цинагыл дæр бацин кæна. Ничи дзы разындзæн, уы- мæн æмæ нын нæ цард, нæ бонмæ, нæ кадмæ иууылдæр хæлæг кæнынц. Æндæр нын ницы сæ бон у, æмæ нæ сæ- хи хизцнц. Нæ тæфтыл нæ цæуынц... «урвæццæгæн, адон дæр мах хъæуы хуызæн ’хæлæг- гæнджытæ сты», — йæхинымæры ахъуыды кодта Сау,: чызг æмæ ма йын кæмдæр æхсызгон дæр уыд, сæхи хæ- 31
.лæг хъæубæстæи дæр сæ чындзæхсæв кæнын кæй нал ба- .хъæудзæн, уый. Саучызг уæддæр æрсабыр ис, фæлæ лæппу æхсæв бонмæ йæ кæуынæй нæ банцад. Ацы æнæуаг хъуыдда- джы азым иууылдæр йæхи уæхскыл æвæрдта æмæ йæ йæхицæн ныххатыр кæнын йæ бон нæ уыд. Иу комдзаг дæр нæ систа йæ дзыхмæ, иу ныхас дæр никæмæ скодта. Райсом куыддæр æрбабон, афтæ фæтъæбæртт ласта Фысымтæ йæ зонгæ дæр куыд нæ бакодтаиккой, афтæ ауад уынгмæ, кæйдæр афарста, сæ хъæумæ ир чердæм цæуын хъæуы, уымæй. Куы йын æй бацамыдтойг’, уæд ныл- лæууыд фæндагыл æмæ фæсаходæнтæм сæхимæ уыд. Æгас хъæу исдуг сæ къах æркъуырдтой, хæлæггæн- джытæй сыл чи худт, уыцы бинонтыл, фæлæ фыд уынг- мæ, чысыл сывæллонау, æрдиаггæнгæ куы рацыд, йæ худ хъæуы дзырддзæугæ лæгты раз зæхмæ куы æрæппæрста, уæд бамбæрстой, тæргæйттæй мыггаджы кадæн, хъæу- бæсты фарнæн бахизæн кæй нæй, уый æмæ цалдæр лæп- пуйæ уайтагъд сæ бæхтыл абадтысты. - , — Лæбурынтыл ма схæцут, мæ хуртæ, — фæдзæхстой сæ хъæуы лæгтæ. — Уым дæр хъæубæстæ уыдзæн, адæм. Базонут хъуыддаг. Кæд чызгæн йæхи фæндыд, кæд ын *тыхми ничи бакодта, уæд кад æмæ æгъдауыл раздæх- .дзыстут, стæй нæ цы кæнын хъæуа, уый нын уым дæр мыггаджы хисдæртæ зæгъдзысты æмæ йыл нæхæдæг „дæр атæрхон кæндзыстæм. Тыны хъæуы кæрон сæ бæхтæй æрхызтысты лæппу- тæ. Æнхъæлдтой, ныртæккæ нæ размæ рацæудзысты хъæубæстæ. Нæ зæрдæты цæхæр цæмæй æрнымæг уа æмæ загъд-заманаыл ма схæцæм, уый тыххæй иал ауæрд- дзысты алы æппæлæн ныхæстыл, алы рæвдауæн ми- тыл... ( Ницы дзы разынд ахæмтæй. Æцæг, кæмдæрты-чидæр- тæ рахызт сæ размæ, фæлæ, кæдæм цæууынц, уый-иу куы базыдтой, уæд-иу сæ къухтæ ауыгътой æмæ-иу фæстæмæ баздæхтысты. Чидæртæ сын афтæ дæр бафæрæзта, цы аккаг стут, æвæццæгæн, ахæм хæдзарвæндаг дæр баца- гуырдтат ацы калак-хъæуы * — Ай дын диссаг, — лæппутæ дисгъуызæй кæсынц <сæ кæрæдзимæ. — Ау, æцæг, ацы дынджыр хъæуы иу зæрдæрисгæ адæймаг нæй уыцы хæдзарвæндагæн? • — Нæ хъæуы Масойæ æгъдауджындæр ус нæй, æмæ уый дæр афтæ куы дзырдта, уыцы адæмæй хуыздæр цы :32
домут, зæгъгæ? — йæ дзырд баппæрста, нырмæ дæр æв- æндонæй чи цыд, иу ахæм лæппу. — Æмæ, уæдæ, ныр цы кæнæм? — Чызджы фенæм уæддæр, стæй афардæг уыдзыстæм нæхимæ... — Хъæубæстæ хъодыгонды цæстæй кæмæ кæсынц, уы- цы адæмæй мах дæр, æвæццæгæн, ницы фиу батухдзыс- тæм, фæлæ, æцæг, чызгæн æнæфенгæ нæй. Кæд сæ бары- вæндæй йæхицæн аккагыл нымайы æмæ сæ йæхицæн цæ- рыны бынатæн равзæрста, уæд ын хапыр фæуæт. Мах та нæ хæс бафиддзыстæм, стæй фæстæмæ — нæ хæдзæрттæм. Цæрæд семæ. Иу чызджы, дам, цæргæс дæр аскъæфы. Бæргæ, нæ фæсивæды фидыц, чындзæхсæвы, куывды нæ циндзинады цырв уыдис, йæ зард, йæ кафтæй фидауын кодта æнæхъæн бæрæгбон, фæлæ цы дæ зæрды ис? Амонд, дам, ратахт æмæ фаджысы цъуппыл абадт. Иу- гæр ыл ахæм æмбисонд æрцыд, уæд ма йын мах дæр цы фæахъаз уыдзыстæм?.. Ахæм ныхæстæ акодтой, стæй сæ ных сарæзтой Мир- манты уæзæджырдæм. Зонгæ сæ ничи кодта, фæлæ фæрс- гæйæ лæг цы не ’ссардзæн, æрмæст иу мардæрцыд уый уыдис, æмæ-иу кæй бафарстой, Мирмантæ чердыгæй цæ- рынц, зæгъгæ, уымæй, уыдонæй сын дзырдæй дзуапп иу дæр нæ радта. Чи-иу йæ къухы атылдæй бацамыдта, чи та сæры ариуыгъдæп. Уый лæппутæн сæ мастыл цæхх айзæрæгау, бæргæ, уыдис, фæлæ сæ цы бон уыд? Мирманты кæрты дыууæ къаннæг лæппуйы кусарт кодтой, кæрты иу къуымы фæхс бандоныл бадт, йæ цæс- тытæ æмæ йæ уадултæ æмхуызон сырх кæмæн уыдысты, ахæм гæлдæрджын, схъæлбæрзæй лæг, амыты-уымыты змæлыдысты цалдæр сылгоймаджы. Сæхи цыдæр бæ- рæгбонмæ кæй цæттæ кæнынц, уый сыл зынд. Уазджытæ кæрты къæсæрыл куы æрлæууыдысты æмæ, уæ бон хорз, зæгъгæ, куы загътой, уæд кусартгæнæг лæп- путæ фестъæлфыдысты, сæ куыст фæуагътой æмæ уыцы тарстгъуызæй ныккастысты кæрты къæсæрмæ. Уазджы- тæй, зæгъгæ, исчи æфсонæн дæр йæ кардмæ февнæлдта, уæд искуы сæ сæртæ афснайынмæ цæттæ кæй уыдысты, уый бæрæг уыд. Сырхцъар лæг дæр исдуг бадгæйæ аз- зад. Аракæс-бакæс кодта. Æвæццæгæн, мыййаг, лæ- джы сæр куы бахъæуа, уæд кæмæ фæфæдис уыдзæн, ахæм искæй агуырдта, фæлæ куы никæй ссардта, уæд, зæппадзмæ йæхи къахæй цæуæджы цауд æнгасимæ рас- 3 Къ^бысты 3. 33
тад æмæ дæрддзæфæй æнæбары, ризгæ хъæлæсæй дзуашт’ радта арфæйæн: — Уазджытæ... — кæрты къуымты та ахъахъхъæд- та. — Хуыцауы... Уым’... — адзырдта хæдзарырдæм. — Уазджыты бæхтæ... — Нæ бæхтæ нын нæхи бар уадзут, — уазджытæй иу фæмæсты ис ноджы æмæ тызмæгæй загъта. — Бæхтæ афснайæгæй уæ уæзæг иттæг хъæздыг кæй нæу, уый уыл зыны, фæлæ уæ къæсæрыл уазджытæ лæууы æмæ сæ раз- мæ ракæсæгæй дæр афтæ æгуыдзæг кæд стут, уæд цы- мæ цы ныфсæй кæнут æвæтк хъуыддæгтæ?!. — Хъуыддæгтæ, мæ хуртæ, иууылдæр хуыцауы ра- фæлдисгæ сты æмæ дзы иуæн дæр æвæтк схонæн нæй, — уæддæр хæстæг бацæуыныл дывæпд кæй кæны, уый йыл зыны æмæ та уазджытæ кæрæдзимæ бакастысты. Бахуд- тысты æмæ кæрæдзийæн цæстæнгасæй ацамыдтой, адон цыдæр тæригъæддаг адæм куы сты, зæгъгæ. — Уазæг райсынмæ иттæг рæвдз кæй нæу уæ хæдзар- вæндаг, уый уыл зыны, Дзылытæ. Æвæццæгæн уыл ахæм къаннæг маргъы ном дæр уый тыххæп ис. Æмæ уæ амонд хорз уæд, фæлæ мах стæм, уæ ныфс раскъæфынмæ... хи- нæй фæсайынмæ уæ ныфс кæмæ бахастат, уыцы чызджы æрвадæлтæ æмæ нæ фæнды нæ чызджы фенын. Чи зопы, сымах хуызæн æгуыдзæг адæмы йæхи фæндæй равзæрс- та, чи зоны, адæммæ равдисыны аккаг кæй не стут, уын рагацау базыдта æмæ уæм уæ мæгуырдзинады тыххæй йæхи къахæй æрцыд, уæд æй хъуамæ м’ах дæр зонæм, — нал ауæрстой лæппутæ æфхæрæн ныхасыл æмæ сæ алы дзырдæй дæр лыг кодтой цытуарзаг лæджы зæрдæйы уидæгтæй иу. — Уæ чызджы дæр фендзыстут, мæ хуртæ, фæлæ уал нæм мидæмæ саккаг кæнут, — ныр сæм хæстæг бацæуын йæ ныфс бахаста. Хъæуы цыбæл адæймæгтæй сæм чи- дæртæ сусæгæй сæ хъус кæй дардзысты, кæй сæм чхъус- дзысты, уый зоны æмæ ма ноджы истытæ куы фæдзурой, ноджы ма сæ истæмæй куы бафхæрой, уымæй старст æмæ сыл зæрдиагæй сархайдта мидæмæ, сæ бæхты дæр сын йæхæдæг иста, фæлæ уыдои не сразы сты. — Мидæмæ нæ цæуæм. Нæ чызджы нын ардæм ракæ- нут. — Ау, ирон уæзæгæй уазджытæ кæртæй куы аздæхоп, уæд ма уый цæй ирон уæзæг у? — тынг стыхст сырхцъар лæг æмæ йæ цæсгомы сырх нсайын байдыдта. 34
— Ирон уæзæджы гакк уыл кæй нæй, уый мах суанг, хъæумæ нæ фыццаг къахæрбавæрдæй базыдтам. — Æ, бындзагъд сой, уас, кæд адон хъæубæстæ не сты, — ацы ныхæстæм хæдзарæй æлгъитгæ рауад иу ныллæг, тымбыл сылгоймаг. — Кæсыс, уазджытæ нæ кæртмæ дæр нæма æрбахызтысты, афтæмæй сыы алы фыдæвзæгтæ фæкодтой. — Фыдæвзæгтæ нæ, мæ мады хай, фæлæ, сымахмæ цæ- уæм, уый-иу чи базыдта, уый нæм ныхас сæппарын йæ сæрмæ дæр нал хаста. Къухæй-иу нын ацамыдтой ацы- рдæм, — пæ та бацауæрста уазджытæй иу æфхæрæн ны- хасыл. — Æмæ дын, уæдæ, æз сæнттæ цæгъдын? — ус цæх- гæр фæзылдта йæ ныхас. — Ницыфенæг адæм. Се ’хсæн цæрын æмæ адæмы рæгъы цæуын кæй фæразæм, уый сæм хæлæг зыны æмæ, алы фыдаудæнæй нæ ауæрдынц нæ хæдзарвæндагыл. Кæсыс, æнæзонгæ уазджытæн дæр нæ цы хуызы афхæрдтой æмæ нæ цæсты куыд бафтыдтой. Уас фыдцæсты фæуæнт, адæмы сæ адыл цæрын æмæ сæ хъуыддæгтæ аразын чи нæ уадзы, уыдон. — Цæй, уæ амонд уæхи фæндиаг уæд сымахæн, фæ- лæ нын нæ чызджы фенын кæнут, — йæ дзырд ын фес- къуыдта уазджытæй иу. — Мах базонын фæнды, тыхми йын бакодта уæ лæппу æви йæхи фæндæй æрбацыд ар- дæм. — Тыхми та уанцон нæу, гормæттæ, — йæ цæнгтæ сыл стылдта ус. — Уый нæ бынтон æфхæргæ куы кæнут. Ахæм æнæгъдау хæдзарвæидаг нæ æнхъæлут æмæ, адæмы уагыл саразын цы æмбæлы, уый нæ зонæм? Зонæм æй, уæ низтæ уын бахæрон, фæлæ дæ хъæубæстæй дæ зæр- дæ куынæ рухс кæпа, уæд æгъдауыл митæ кæмæн кæ- ныс? Фæлтау мæнæ нæ хъуыддæгтæ нывыл балхынцъ кæндзыстæм, æмæ стæй кæрæдзийæн лæггад кæныпхъом кæд уаиккам, фæлæ уал ныр мидæмæ рацæут æмæ нын нæ хæдзар фенут. Уæ чызг нырæй фæстæмæ цы къуымты цæрдзæн, уыдон фенын уыл æмбæлы. Куы уæ фæрсой уæ фысымтæ, уæд сын цы зæгъдзыстут? — Уый уæ куы фæндыдаид, уæд уæ ног лымæнтæм иу хатт афтæ фервыстаиккат, рацыт æмæ нæ сымах дæр фенут, зæгъгæ, — ам дæр та сын нæ фæбарстой уазджы- тæ. — Сымах хъуыддæгты афтæ талф-тулфæй ацарæзтат, Цьща уæм æцæгæй хæдзаруынæг куы ’рцæуæм, уымæп тæрсгæ кодтат. — Мах никæмæй æмæ ницæмæй тæрсæм, — нырмæ иу- 35
варс лæууыд сырхцъар лæг, фæлæ ныр йæхи нал баурæд- та, æмæ усы разæй балæууыд ныхасмæ. — Мæнæ уын нæ хæдзар. Табуафси, бацыт æмæ æппæт дæр уæхи цæстæй фендзыстут. Кæд нæ къуымтæ искæй къуымтæй фæлахс- дæр разыной, уæд уæ бар уæхи. Акæнут уæ чызджы æмæ, дзадджындæр къуымтæ кæм зонут, уырдæм æй фервитут. Мах тыхæй никæуыл стæм. — Къуымты дзадджынæй æгъдауы дзадджын хуыз- дæр у, æфсымæр, æмæ нын дæ къуымтæй дзæгъæлы ма ’ппæл, — хæстæгдæр æм балæууыд, уазджытæй хисдæр чи зынд, уыцы бæзæрхыг лæппу. — Къæбæрцухы тых- хæй йæ сылыстæджы искæй къуыммæ никуыма ничи фервыста æмæ... Æниу, цы бирæ дзурæм? Чызгæн чи зо- ны йæ цæсгом уынгмæ нæ хъæцы. Цомут мидæмæ. Уым æй афæрсдзыстæм æмæ... Уазджытæ бирæ нæ’фесты мидæгæй. Уæдмæ сын фынг дæр бæргæ арæвдз кодтой фысымтæ. Сæ къуымты бæркадæй сын сæ зæрдæ кæй балхæндзысты æмæ сын сæ фынгæн æгъдау кæй скæндзысты, уымæй сæ стыр ныфс уыдис, фæлæ къæбæрæй кæй расайай, ахæм хайуантæ нæ разындысты. Ноджы сын Саучызг цæхгæр куы загъта, мæхи’ фæнд уыдис афтæ, зæгъгæ, уæд смæсты сты æмæ фысымтæн хорз баззай дæр нал загътой. Уайтагъд сæ бæхтыл абадтысты, фæлæ сыл уыцы иу цыдæй дард нæ ацыдысты. Хъæуы дзырддзæугæ лæгты фæндонæй лæп- путæй чидæртæ сæ хъус бадардтой уазджытæм æмæ, Дзылыты хуызæн æнæгъдау адæмæн æвгъау кæй сты, уый базыдтой. Ноджы хæдзарæй уыцы цæхгæр куы фез- дæхтысты, уæд базыдтой, адон æгъдауджын мыггаг, фæрнджын хъæуы кæсдæртæ кæй сты, уый æмæ хъæуы астæумæ куы рахæцццæ сты, уæд уым сæ размæ фесты цалдæр зæронд лæджы æмæ фæсивæд. Æрурæдтой сæ, хатыр сæ ракуырдтой æгъдаумæ гæсгæ æмæ сæм баха- тыдысты, цæмæй сын сæ хъæуы фæткæн аргъ скæной: сæ уæзæгæй цæхджын хойраг æнæсаходгæйæ ма ацæуой, науæд, дам, нæ æгас комбæсты дзырддаг фæкæндзыстут. Сæ буц æмæ уæздан фысымты хуындыл сразы сты лæп- путæ. Æгас хъæу æрбамбырд сты иу хæдзары кæрты. Уæдмæ сын кусарт конд уыд. Зыдтой йæ, ахæм хъуыдда- джы фæдыл æнæгъдау кæсдæртæ кæй нæ рарвыстаик- кой уыцы хъæубæстæ, æгъдауджын адæймаг та кæддæ- риддæр æгъдауыл хæст кæй у, уый дæр зыдтой æмæ уый ныфсæй развæлгъау æппæт дæр æрцæттæ кодтой æмæ фынгтæ цæттæйæ баййæфтой уазджытæ. Баййæфтой сæ 36
цæттæйæ æмæ сæ фысымтæй райгондæй ацыдысты... Ны- хас та схастой æнæразыйы ныхас. — Хъæубæсты стыр фарнæй иу гыццыл хай уæддæр кæмæ нæй, уыцы хæдзарвæндаг махæн кады лымæнтæ никуы уыдзысты, фæлæ сæ кæд уыцы сæфтдзаг йæхи- цæн аккагыл нымайы, уæд цæрæд семæ. Махæй уыдоя- мæ цæуæг ничиуал у, уыдон та, лымæнтау, мæ хæдзары цыты уазджыты номыл никуы æрбаддзысты. — афтæ ас- къуыддзаг кодта Саучызджы фыд æмæ йæ фæдисонты цытæн æгас хъæуæн фынг æрæвæрдта. * * * — Æрмист фæдæн мæ цæгатæй, — йæ хус цæнгтæ йæ калцæг гуырмæ, цъерийы аразæнтау, быцæу радта, аф- тæмæй бадтис зæронд æмæ дзырдта. Дзырдта тынг лæ- мæгъ, фæсус хъæлæсæй. Дзырдта æмæ йæ цæссыгтæ ставд фæрдгуйтæй тылдысты йе ’нцъылд уадултыл. Тыл- дысты æмæ йып сæ уыцы арф ссывтыты Цуца ахста къухтæ сæрфæнæй. Йæхицæн дæр йæ зæрдæ уынгæг кодта. Иæхи дæр зæронды æрхæндæг ныхасмæ фæндыд кæуын, фæлæ йын нæ уыд кæуæн. Куыд хъуамæ куыдта- нд? Уæд зæрондæн йе онг бынтондæр амардаид. Нал- дæр дзурын сфæрæзтаид, налдæр улæфын. Ныртæккæ йын царды иунæг хос, йæ удыл иунæг фæхæцæг Цуца кæй уыд, уый йæхæдæг дæр æмбæрста æмæ йæ кæуын- дзæг йæ хурхы хуыдуг кодта. Ма хъуамæ асæтта зæрои- дæн йæ ныфс. Уый кæугæ нæ, фæлæ хъуамæ фидар лæу- уа, æмæ уый руаджы фидар лæууа зæрондæп дæр йæ зæрдæ. — Æрмист фæдæн мæ цæгатæй, фæлæ мæ сæхæ- дæг дæр хъæстагæй нæ баззадысты, — йæхн чысыл фæ- фидар кодта зæронд æмæ дзырдта дарддæр: — Нæ мæ баззадысты хъæстагæй, мæ мард фен, Цуца. Цыфæпды зындяинæдты чыхмæ дæр лæууыдтæн фидар. Никуы ни- цæмæ баулæфыдтæн мæ ныййарджытæм, мæ мадызæ- нæгтæм, ме ’рвадæлтæм. Æз æй зыдтон. Цæгатмæ сæ чызг куынæдæр цины боны зына, куы никуы дæр сæм хъыджы бон фæзына, куы никуы дæр сæм исты æххуыс æнхъæл баулæфа, уæд уый цæгатæн куыд зын у, уый зыдтон æмæ сын уыцы хъизæмар æвзарын кодтон. Нæ зонын, æцæгæй исты уды зын æвзæрстой мæ ахæм ахас- тæй æви нæ, уый фидарæй мæ бои зæгъын нæу, фæлæ мæнæн афтæ æнцон уыд. Мæ цæгатæн цыма уымæй стыр 37
хъизæмар æвзарын кæнын, афтæ мæм зынд æмæ мæхи- цæй разы уыддæн. Ноджы мыл мæ ног бинонтæ тайгæ æмæ руайгæ кæй кодтой, уымæй мæ уд æрцард æмæ мæ æндæр хæрзиуæг ницыуал хъуыд хуыцауæй. Налдæр мæ цæгат хъуыд, налдæр æрвадæлтæ. Æцæг ме ’фсин... Ин- нæты хъуаджы мын уый хъуаджы дæр æмæ æпæхъуаджы дæр хъыцъыдæттæ дардта, фæлæ сæ иннæ бинонты рæв- даугæ ныхасы фæрцы æнцопæп нуæзтон. Мæнæ ацы кранты дон æрæджы рауагътой нæ хъæу- мæ. Дон уæртæ архы суадонæй хастам. Иæ фаг кодта æмæ-иу рады лæууын тынг бирæ бахъуыд. Иу райсом та ацыдтæн донмæ. Æниу мæ донмæ арæх нæ уагътой. Мæ хицау йæ чызджытæн иууыл уый фæдзæхста: «Ацы кæй- дæр хъæбулы донмæ ма уадзут. Бафæллайдзæн. Фæзæр- дæцъæх нæ уыдз’æн æмæ нæ фæлидздзæн. Уый та махæн уыдзæн мæлæтæй стырдæр цæф». Нæ мæ ардыдта ме ’фсин дæр дон хæссыныл. Æнæуый мын цыма мæ туг йæ- хæдæг доны бæсты куы баназид, уæддæр дзы йæ дойны нæ басæттид, афтæ мæм зынд. Мæ удхармæ кæсгæйæ, цы- ма, йæ зæрдæ сагау сыкъатæ уагъта, афтæ хъуыды код- тон, фæлæ мæ уый дæр дон хæссынмæ нæ уагъта. О, фæ- лæ уыцы бон чызджытæй быпаты ничи уыд, Æмзор дæр та райсом æхсæвы цъæхæй цуаны ацыд æмæ, мæнæп хуыздæр дон чи æрбадавтаид, уый дзы нæ уыд æмæ ацыд- тæн. Ахастон æрмæст иу къæрта. — Бирæ-иу дзы ма бафæстиат у, — фæстсйæ мæм ра- хъæр кодта ме ’фсин.— Ныр та дзы бирæ рады лæуджы- тæ уыдзæн, фæлæ бацархай исты æфсонæй искæй рад расайыныл. Уый дын куы нæ бантыса, уæд-иу дæхи рад та дæтгæ макæмæн ракæн æфсæрмы охыл. Ацы хъæуы æз ахæм никæй зонын, æмæ дзы куы фефсæрмы уай, уæд дын æй лæггадмæ айса. Цъаммар адæм сты æмæ сæ цу- ры лæууынæй дæр дæхи хиз. Хорз, зæгъын, ныфс ын бавæрдтон. Фæндагыл бай- йæфтон дыууæ. чызджы хъаугъагæнгæ. Иуæн дзы йæ къæрта донæй йедзаг уыд, иннæмæн — афтид. Афтид къæртайы хицау лæгъзтæ кодта иннæмæн, дæ дон, дам, акал æмæ’, дам, фæстæмæ мемæ рацу. Демæ, дам, мæ ны- хасаг ис æмæ, дам, амæй хуыздæр фадат никуы ссардзы- лæм. Уымæн йæ дон акалын йæ цæст нæ уарзта, æмæ йæ цы фæкæна, ууыл уыд йæ катай. Æз сæм куы бахæц- цæ дæн, уæд афтид къæртайы хицау бацин кодта: 1 — Мæнæ Дзылыты чындзæн ратт дæ дои, уæддæр æй уыдон æнцонæй нæ рауагътаиккой донмæ. Зонын æй, фæ- 38
стейæ дæр ма йæ фæдзæхстаиккой, цæмæй, цас гæнæн ис. уымæй искæй рад дæр банса æмæ тагъддæр фездæха. Уый нæ, уæд та ныхасмæ макæимæ æрлæууа. Гъе, æмæ йын удыбæстæ скæн. Мæнæн хъыг уыдысты йæ ныхæстæ, фæлæ мын ме ’фсины фæдзæхстытæ афтæ куы рафæзмыдта, уæд фæ- пыхкъуырд дæн, æмæ сразы дæн уыцы чызджы дон рай- сыныл. Уайтагъд фездæхтæн. Тыргъы дуар гом уыд æмæ дзы уыцы æнæуынæрæй куы бахызтæн, уæд мæ хъустыл ауад цыдæр æнахуыр ныхас. 'Æниу, хъæлæстæ æнахуыр нæ уыдысты. Ме ’фсин æмæ мæ хицау цæуылдæр кæй хъаугъа кодтоп, уый бамбæрстон æмæ мæ бафæыдыд, чысыл сæм куы байхъусин сусæгæй, æмæ сæ уды конды цы ис, уымæй исты куы базонин. Тыргъы талынг уыд. Рухс æм никуыцæй цыд дуарæй дарддæр, æмæ уыцы рухс дæр къуымтæм нæ .хæццæ код- та. Æз къæрта дæр айстон æмæ иу талынг къуымы æр- ныгъуылдтæн. Хъусын мæ зæрæдты ныхасмæ. Уыдон -аф- тæ тагъд æрбаздæхын æнхъæл нæ уыдысты мæиæн æмæ ныхас кодтой хъæрæй. Никæмæй тарстысты фехъусы- нæй.- Дыккаг хæдзæрттæй дæр сæм никуы ничи æрбацыд æнæ сæрмагонд хонæгæй æмæ... — Мæн мæхи бар уадзут, — дзырдта ме ’фсин. — Æгæр тызмæг æм дзурыс, — фæдзæхсæджы хъæ- лæсæй зæгъы хицау. — Афтæмæй куы фæцъæхдæндаг уа, куы фæтыхса æмæ йæ удæн æнцойдзинад хъæуы фæси- вæды æхсæн куы бацагура, уæд уый махæн ницыуал къух ратдзæн. Фæлтау... — Хæдзарыдзагæй æдзух чындз цæра, чындз цæра куы кæнæм, уæд йæхæдæг дæр афтæ дзурын райдайдзæн æмæ нын уæд хуыздæр къух пæ ратдзæн. Сымах рæвдыд æмæ ме ’схуыст кæрæдзи куы æмбæрзой, уæд æнцондæ- рæй æрбаддзæн нæ хæдзарвæндаджы джиппы. Хъæуы фæсивæды æхсæн удæнцойдзинад агура, уый онг та йын æз йæ рохтæ йæхи бар нæ ауадздзынæн. Нырма мæм уынбæрц хъару ис, — фидарæй дзырдта æфсин. — Сылгоймаджы ахаст ды хуыздæр зоныс æмæ демæ æз быцæу нæ кæнын, фæлæ хохаг чызджытæ куыд æнæр- Цæф сты, уый дæр хъуамæ зонай. Нæ чындз æнæнхъæлæ- Джы ацы дзаджджын къуымтæм кæй æрбахауд, стæй нæ хъæубæсты æнæуаг ахастæй йæ фæстæ æрцæуджытæ нæ хæдзарвæндагмæ фыдæхы цæстæй кæп ракастысты ^мæ чындзы дæгаты дæр сæхи зондыл кæй атардтой, сæ кæрæдзийæ æрмист кæй фесты, уымæй фæсæтдзæ ис. 39
Нæма дзы æрчъицыдта, хорз нæма ахъуыды кодта уа- вæртыл. Æмæ сы’л дзæбæх ахъуыды кæна, уый фадат та йын дæттын нæ хъæуы. Иæ цæгатæн ын куыд бакодтам, цалынмæ сæ чызг нæхирдыгæй фæцис, уæдмæ сын, нæ хæдзарвæндагмæ хъæубæстæ цы цæстæй кæсынц, уый. базоиыны фадат куыд нæ радтам, афтæ амæн дæр нæ- хъæуы, х^ьæубæстæ æмткæй махмæ цы- цæстæй кæсынц, уый æвиппайды базоныны фадат. Иугæр йæхæдæг нæ* царды тебæйы куы сфыца, нæ уаджы, нæ царды æууæлтæ йæ туджы куы ахъарой, уæд та йын тас ницыуал уыдзæн. Æз рæстмæ не ’мбæрстон мæ хицау æмæ æфсины ны- хæстæ. Цæмæйдæр кæй тæрсынц, цæмæндæр хъуыддæг- тæ сусæгæй аразынмæ кæй тырнынц, уый бæрæг уыд,. фæлæ сæйраг аххосаг цы у, цæмæн афтæ кæнынц, уымæн ницы æрцахста ме ’вæлтæрд зонд. Æмæ уыцы бон куыд дзырдтой, дарддæр дæр афтæ цыдис мæ цард: ме ’фсин мæ æфхæрдта чысыл ницæй тыххæй дæр, мæ ходыгъдтæ мæ ирхæфстой, хъæуы иннæ’ фæсивæд арæх кæдæм не ’фтыдысты, ахæм рæтты, мæ хицау мын барста цавæрфæнды рæдыдтытæ дæр. Амыдта мын, царды хи куыд дарын хъæуы, уыдæттæ, мæ лæг дыууæты æхсæн хиды хуызæн уыд æмæ йыл иуæрдæм дæр цыдтæн æмæ иннæрдæм дæр... Афтæ уыд, фæлæ афтæ бирæ нæ ахаста. Мæ ходыгъд- тæ фæззæджы горæтмæ ацыдысты (уым ахуыр кодтой), уымæй иу цасдæр рæстæджы фæстæ мæ сæры хицау Хъызлармæ афардæг ис. Хæдзары баззадтæн дыууæ зæ- рондимæ. Уыдон сæ удтæй арт цагътой мæн хæдзары уромыны тыххæй. Рад скодтой æмæ радгай хастой дон. Æз цæмæй уыцы хъуыддаджы мæхи ма тъыстаин, уый тыххæй мын мæ бæрны бакодтой фосмæ зилын, скъæттæ мæрзын, хæринаг ар^зын. Æниу уыцы куыстытыл æз фæлтæрд уыдтæн æмæ мын зын нæ уыдысты, фæлæ мыл куыд фæстагмæ хæдзары къултæ ниуын байдыдтой. Фæн- дыдис мæ æддæмæ аирвæзын, фæсивæдимæ базонгæ уæ- вын æмæ семæ мæ рæстæгæй иу чысыл уæддæр æрвитын. Нæ мын лæвæрдтой уый фадат, фæлæ уæддæр хъысмæ- тæй — бузныг. Иу хатт мæ хицау æрбарынчын. Стæвд ис тынг æмæ- иу арæх сæнттæ цагъта. Усæн йæ цурæй бирæ рæстæг ацæуæн нæ уыд. Æз дзы тæрсгæ кодтон,, стæй дæр-иу æг- æр куы стæвд, уæд-иу ницыуал æмбæрста æмæ-иу йæхи бынтон айгом кодта. Æндæр гæнæн дзы нал уыд æмæ мæ’ ауагътой донмæ. Æ, дунескæнæг! Цыма зындонæй фер- 41.
вæзтæн, ’афтæ банкъардтон мæхи. Æцæг-иу бирæ нæ бафæстиат дæи доны цур. Ме ’фсин, стæй-иу мæ хицау дæр дзæбæх куы уыд, уæд мын иууыл уый фæдзæхстой (æфсин тызмæгæй, хицау — лæгъзтæйæ), доны цур-иу æнæхъуаджы макуы фæстиат кæн. Дæхи хиз уыцы фыд- зæрдæ адæмы æмдзæхтон суæвынæй. Æз сын тæригъæд кодтон. Тæригъæд кодтон мæ зæрæдтæн æмæ, гæнæн цас уыд, уымæй архайдтон донæй тагъддæр здæхыныл. Арæх- дæр та-иу бахъавыдтæн, дондзаутæ къаддæр кæд вæй- йынц, ахæм рæстæгмæ. Уæд-иу уайтагъд фездæхтæн. Фездæхтæн-иу æмæ-иу диссаг уыд мæ зæрæдты ципдзи- надмæ кæсын. Æниу æй æфсин æмбæхста. Æмбæхста йæ, фæлæ-иу ын уæддæр фæзынд. Мæнмæ та æхсызгон каст уыдон циндзинадмæ кæсын æмæ никуы цыдтæн сæ зæр- дæхудты. Фæлæ уæддæр базонгæ дæн хъæуы чызджытæ æмæ чындзытæй цалдæримæ. Стæй ма... Мæ уд цавæрдæр æнæ- зынд, æнæуынд хъизæмар æвзæрста. Ноджы уынгмæ, донмæ куы аирвæзтæн, уæд фæкарздæр ис уыцы хъизæ- мар. Æз æнхъæлдтон, зæгъын, мæ зæрдæ, ме онг домы æрмæст кæртæй æддæмæ ирвæзын æмæ алы бон дæр иу хатт уæддæр цыдтæн-донмæ. Нырма-иу талынг уыд, фæ- лæ дын, мыййаг, тæрсгæ истæмæй ^одтон! Мæ хур акæн! Æниу мыл дзы искуы бирæгъ, науæд арс куы амбæлда- ид. Стыр æхсызгонæй бацыдаин йемæ хæсты. Хъæбыс- хæсты бацыдаин йемæ. Бауагътаин æй, цæмæй мын ме уæнгтæ дзæбæх феууæрда, ныцъæлтæ мæ кæна, стæй нæ мæхæдæг ныххурх кодтаии. Дæттæй, мæ боныл, куыд тынг мæ фæндыд искуы искæимæ ахæм хæсты бацæуын. Нæ зонын, цавæр хæйрæджытæ сагъуыдысты ме уæнг- тыл, фæлæ мын сæ исчи иу хатт уæддæр куы ныцъæлтæ кæнид, уый мæ фæндыд. Хатт-иу рахъавыдтæн, ме ’фси- нæй хыл ракъахон, зæгъын, æмæ армæй кæрæдзимæ бав- налæм. Æз æм не ’вналдзынæн. Бауадздзынæн æи, цæ- мæй мæ дзæбæх ныммыдул кæна. Ахæм рæстæджы-иу мæхимæ ныхъхъуыстон. Мæ буарыл-иу мæхицæн мæ хьуыдыты банкъарын кодтон ме ’фсины æрмтты ар- хайд... Дзæгъæлы! Ницы æхцондзинад дзы райстаип. Мæхи æрмтты æвнæлдæй уæлдай, цыма уый æрмтты ны- дзæвдæй дæрницы æхцрндзинад райстаин, афтæ мæм каст, æмæ-иу уæд мæ бæллиц фергом ис. Цыдæр-иу мæм цйма мæ фæсонæрхæджы басусу-бусу кодта: «Дæттæй, ныр иу нæл бирæгъыл фембæл. Дзæбæх æй ныммыдул кæн, стæй пæ ныммар!» Цæмæн мæм ахæм бæллиц æв- 42
зæрд, уый мæ зонд нæ ахста, фæл^е сылгоймаджы æрдзы- хъæдæй кæй цыд, уый хатыдтон. Æмæ йæ -цас тынгдæр хатыдтæн, уыйас мын хæдзары къуымтæ къуындæгдæр кодтоп. Доны фæндаг дæр мын нал фаг кодта. Æгæр’ бæгънæг æмæ уыцы иугъæдон кæй у, уымæй зæрдæцъæх кæныы байдыдтон. Æмæ иу райсом ме онг нал акуымдта донмæ райсом раджы ацæуын. Тыхæй мæ ныуурæдта æмæ уал хæдзары зылдтытыл мæхи сифтыгътон. Ме ’фсин та, æрвыл райсомау, йæ рынчын лрегимæ архапдта. Уый аф- тæ æнхъæлдта, иннæ хæттыты хуызæн райсом раджы дон æрбахастон æмæ æнцад уыдис йæ зæрдæ. Ницы мæм дзырдта, фæлæ хæдзары æппæт зылдтыты фæстæ къæр- татимæ куы архайдтон, уæд мæм уыцы дис-тарстгъуызæй рагæпп ласта: — Дон райсом не ’рбахастай? — Не ’рбахастон, не ’фсин, — цыдæр лæгъзтæгъуы- зæй йын загътон.—Æгæр афынæй дæн, æмæ мын баха- тыр кæн. — Ныр дын уый цы æгъдау у!? — уыцы тыхстгъуызæй йе ’нгуылдзтæ кæрæдзийыл атыхстысты æмæ кæрæдзи цъæлтæ кæнынц.—Ацы зæрондæн мæлын дæр нал æн- тысы, мæрдты къæй фæуа, æмæ мын дзы мæ къах айсæн никæдæм ис, науæд мæхæдæг... — Ой; цæмæй мын тæрсыс, не ’фсин, — мæ фæлмæн хъæлæсæн йæ куы фæсаин, ууыл мæ уд скъуынын, фæлæ марадз зæгъ! Нæ чъил кæны. — Цæмæй дын тæрсын, уымæй дын тас куы нæ уаид, уæд мæ мæ дзых нæ хæры, фæлæ иугæр цæуыс, уæд рæх- джы куыд фездæхай/ Иу къæрта ахæсс. Чизоны дын исчи йæ рад дæтта, уæд-иу «нæ» ма зæгъ. — Нæ зæгъдзынæн, не ’фсин, лæугæ дæр никæимæ æр- кæндзынæн. — Гъе, æмæ хорз. Хъахъхъæнгæ дæ кæпдзынæн. Мæнæн мæ зæрды уыд доны фæндагыл фалæмæ лидз- гæ акæнын, цæмæй тагъддæр бахæццæ уон æмæ мын уым алæууынæн фылдæр рæстæг;аззайа. Фæлæ мæ ли- дзыны сæр нæ бахъуыд: хъæуы æппæт фæндæгтæ доны фæндагмæ кæм иу кæнынц, тæккæ уым хæрхæмбæлд фæ- Дæн дыууæ æрыгон сылгоймагыл. Уыдон, фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæм&й мæнæп иу дыууæ къуыри фæстæдæр иу рæстæджы æрцыдысты чындзы ацы хъæумæ. Сæ чын- дзæхсæвты хабар дæр сын фехъуыстон, дыууæ ранæй дæр хонджытæ уыд нæ бинонтæм, фæлæ дзы ничи ацыд чын- Дзæхсæвмæ. Ахæм зæрдиаг ныхасгæнгæ цыдысты æмæ 43
сæм æз тынг батæхуды кодтон. Куы мæм æрбаввахс сты, уæд мын салам радтой, стæй мæ сæ иу афарста: —- Ды, æвæццæгæн, кæмæдæр уазæгуаты дæ, куы ни- куы дæ федтон ацы хъæуы? — Уазæгуаты бæргæ нæ дæн, фæлæ... Цæргæ дзы уазæджы цардæй кæнын, хъуамæ загъта- ин, фæлæ мæхиуыл фæхæцыддæн. Мæ цæсты раз февзæрд ме ’фсины тызмæг фæлгонц æмæ мын мæ былтæ ахгæд- та. — Фæлæ цы, мыййаг?.. — рынчын исты кæд нæ вæй- йыс, зæгъгæ, мæ бафæрсынмæ кæй хъавыд, уый бæрæгæй зынд йæ цæстæнгасыл. — Ме ’фсин мæ донмæ нæ уадзы... — Мирмантæ кæй хонынц, уыдон чындз ма уай? — мæ дзырд мын фескъуыдта сылгоймæгтæй иу. Мæнæн цыдæргъуызон зын уыд, афтæ мæм кæй æрбадзырдта, уый, æмæ йæ мæстыгъуызæй афарстон: — Цæмæн дæм афтæ кæсы? — Хъыг мæм ма фæу,дæ иизтæ, — мæ дæларм мын йæ цонг фæтъыста, — хæдзары арæх фæкæнынц дæ кой, Мирмантæ, дам, кæйдæр чызджы æнæчындзæхсæвæй æр- бакодтой æмæ, дам, æй ныр æддæмæ ракæсын^дæр нæ уадзынц. Уымæн дæ никуы федтам, науæд мах дæр дæ- уæй бирæ фæстæдæр не ’рбацыдыстæм ацы хъæумæ чын- дзы. Мах иууылдæр иумæ вæййæм. Нæ хæрд дæр иу у, нæ цыд дæр. — Æмæ иу хæдзары цæрут? — нæ мæ фæндыд, хæлæг сæм кæй^кæиын, уый равдисын, фæлæ мæ дзырдтæ, ме ’нæхъола фарст йæхигъæдæй расХъиудта мæ дзыхæй æмæ ма йæ куыд баурæдтаин? — Иу хæдзары нæ, æгæрыстæмæй, иу сыхы дæр нæ цæрæм, фæлæ нæ уый ницы хъыгдары. Нæ зылдтытæ куы акæнæм, уæд куы нæ иу ацæуы иннæмæ, куы та иннæ. — Æмæ уын æфсинтæ, науæд хицæуттæ, кæнæ сæры хицæуттæ?.. — уый та иоджы æнæхъоладæр фарст фæ- цис æмæ мыл дыууæйæ дæр уыцы зæрдиаг кудт ныккод- той. — Æфсинтæ дæр нын ис æмæ хицæуттæ дæр. Сæры хицæуттæ та... уæдæ æндæр ардæм чындзы куыд хъуамæ æрцыдаиккам? Хорз уыд æмæ бахæццæ стæм доны цурмæ, науæд ма гйæ, чизоны, цавæр æдылы фарстытæ сирвæзтаид. Суадоны цур дзæвгар сылгоймæгтæ уыд. Мах куы бацыдыстæм, уæд цыхцырмæ æвæрд уыд иу æмбис кар 44
сылгоймаджы къæрта. Куы нæ ауыдта, уæд йæ сæр ныт- тылдта æмæ афтæ зæгъы... — Æ, хæрджыты бын баст æрцæуат Тыны хъæуы чындзытæ, æниу мын деттæ уазæг чызг бахатыр кæнæд, фæлæ сымах та кæдмæ фæлоло кæнут, Ьинæ æмæ Динæ- йы чындзытæ? Сымах цахъхъæнæй-иу æз ацафонмæ æн- дæртæн дæр дон бахастон, сымах та уæхицæн дæр... — Гагуылен, æмæ мæнæ Саучызджы (мæ ном сын фæндагыл мæхæдæг загътон) мах уæлдай уазæг цæмæн хоныс? — фæцырд æм ис ме ’мбæлттæй иу. — Уый махæй раздæр куы ’рбацыд ацы хъæумæ чындзы. — Куыд раздæр? Кæй чындз у, чи дæ амард уый <стæн? — Гаглыуен фæзылд ме ’рдæм æмæ дзуапмæ дæр лал фенхъæлмæ каст, афтæмæй та уый дæр ныххуырс- та: — Мнрманты чындз кæд нæу, мыййаг? — Тæккæдæр Мирманты чындз, — йæ дзырд ын ба- фидар кодта Нинæйы чындз. Гаглыуен мæм хæстæг æрбацыд. Ме ’фцæджы атыхст. Узæлы мыл уыцы дзæбæх æмæ йæ узæлд кæд кодта ма- ды узæлды ад. Мæнæн ме уæнгтæ уыцы æхцон хъарм банкъардтой æмæ мæ зæрдæ суынгæг ис. Мæ цæссыгтæ -фемæхстысты. Гагуылен мын сæ йæ кæлмæрзæпы кæро- нæй сæрфы. — Нæ, нæ, мæ чызг. Кæугæ ма кæн. Мах хъысмæты фос стæм æмæ йæ куыд фæнды, афтæ нын здахы нæ цар- ды рохтæ. Ма ку. Бæргæ, уыцы бирæгътæм куынæ æр- хаудаис, фæлæ дæ цы фæнды? Ныр та уал мæнæ мæ къæртайы дон ахæсс. Махæй никуыдæм ничи тагъд кæ- ны, — айста мын мæ къæрта. Мæн нал фæндыд уыцы æх- цондзинадæй фæиппæрд уæвын æмæ февнæлдтон мæ къæртамæ: — Æз дæр нæ тагъд кæнын. Уадз æмæ иу чысыл ам ^аулæфон, — загътон ын лæгъзтæгъуызæй. Лæгъзтæгъуыз нæ, фæлæ йын æцæгæй лæгъзтæ кодтон. — Нæ, нæ, дæ нывонд фон. Æз зонын уыцы сыл би- рæгъы. Кæд дæ фæнды, мæ ныхæстæ йын зæгъгæ дæр кæн. Ницæмæй дзы тæрсын, фæлæ дын ам иу уысм уæл- лай алæуд дæр куыд зынаргъ слæудзæн, уый зонын, æмæ дæм цæйнæфæлтау мæ зæрдæ æхсайа, фæлтау ацу. Рарвыста мæ æмæ мæ цыма мæрдтæм æрвыста, афтæ ■æнкъардтон мæхи... Ме ’фсин мæм, æцæг, æнхъæлмæ каст кæртмæ бахи- зæны. — Афтæ, гъе, дæ нывонд фон, — уыцы æхцонæй мыл 45
бацин кодта. — Æгайтма афтæ тагъд фездæхтæ, науæд мын мæ зæрдæ кæрчытæ хордтой. — Айста мын мæ къæрта. Æз æм уæды хуызæн хæрам никуы уыдтæн. Хъуамæ йæм къæрта дæр ма радтаин, фæлæ уæд æнæ- мæнг мæ кæуындзæг фæкъæртт уыдаид æмæ мыл тынг- дæр фæдызæрдыг уыдаид ме ’фсин. Æз бацыдтæн хæ- дзармæ. Мæхиуыл дуар сæхгæдтон æмæ бирæ фæкуыд- тон. Куыдтон, цалынмæ мæ цæстытæй цæссыг цыд, уæд- мæ. Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ быитон къæссавæлдæхт фæцис. Æдзух æддæмæ рæдывта йæ рæтæнтæ. Уыцы изæр дæр уыдис афтæ. Æнæуый ма-иу ме ’фсин изæры зылдтыты фæстæ абадтис мæ цуры. Цыдæр ны- хæстыл-иу мæ ирхæфста. Афтæ кодта мæ хицау дæр, ца- лынмæ не ’руатон ис, уæдмæ’. Ме ’фсинæн йæ ирхæфсæн ныхæстæ дæр тыхаразгæ уыдысты, фæлæ мæ хицау æр- гомдæр зæрдæ уыд. Æниу, хъæубæсты цæсты уымæн дæр фылдæр кад нæ уыд, фæлæ мæнмæ тынг хорз цæстæй каст. Æцæг, уый дæр йæ фырхъалæй афтæ нæ кодт’аид, æндæра уыцы хазларзæрдæйæ хъæубæстимæ цæуылпæ цардис адджынæй, фæлæ сæм уый размæ куыд бай- хъуыстон, афтæмæй мæнмæ акасты сæ хæстæ дихгонд уыдысты æмæ сæ æххæст кодтой. О, фæлæ ныр хицау бынтон æруатон ис. Тынг зыкархайд рынчын уыд, кæм- дæр. Мæп ын никуы бауагъта йæ цурмæ, фæлæ, дам, æдзух тæлфгæ кæны: ныр та мæ уыцырдæм æрзил, ныр та мæ рабадын кæн, ныр та мæ уæлгоммæ... Йæхп бон, дам’, йæ бынаты йæхи базмæлын кæнын дæр нæу, афтæ- мæййæ иууыл раздыхс-баздыхс фæнды. Хатт-иу афтæ стыхст ме ’фсин æмæ-иу кæугæ ралыгъд тыргъмæ, фæлæ уымæй æддæмæ никуы хаста йæ маст. Нæ хъæубæстæ, дам, нæ уый куы базоной, уæд, дам, ныл сæ къах æр- къуырдзысты. Хынджылæг скъæрын, дам, нæ райдай- дзысты. Уымæй (мæ хицауæй), дам, куы нæ тæрсиккой, уæд, дам, нын пæ хæдзарыл арт бафтауыиыл дæр нæ бацуардиккой. Уыцы изæр мæ хицау ноджы тыхстдæр уыд. Æз хæ- дзары зылдтытæ бакодтон, стæй хъуамæ мæ уатмæ ба- цыдаин æмæ схуыссыдаин, фæлæ ме онг нæ бакуымдта сынтæгмæ. Уæд дуар сындæггай байгом кодтон æмæ кæртмæ рахызтæн. Рахызтæн æмæ дыууæрдæм^ цæуын. Йу ахæмы мæ мæ къæхтæ сæхи гъæдæй ахастой кæрты дуары онг. Акастæн æддæмæ. Хъæуы парахат уынгтæ æмæ дарддæр хæхтырдæм куы аирвæзт мæ цæстæнгас, 46
уæд мæ зæрдæ цыдæр æхцондзинад банкъардта. ^ниу, хæхтæ кæртмæ дæр зындысты, фæлæ сæм ардыгæй цыма æнцондæр æмæ æхцондæр уыд кæсын, афтæ мæм дзырд- та мæ зæрдæ. Ахызтæн кæрты къæсæрæй. Æмбопдгæрон цы фæхсбандон уыд, ууыл æрбадтæн æмæ кæсын хæхты- рдæм. Кæсын æмæ, мæ уæлхъус æртæ лæппу æмæ дыу- уæ* чызджы куыд æрбалæууыдысты, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Лæппутæ дæрддзæф^ æрлæууыдысты æмæ мæм уырдыгæй цыдæр дисгъуызæй кастысты. Чызджытæ мæ фæйнæфарс абадтысты, къухæй мæ сгæрстытæ кæнынц, цыма удгоймаг кæп дæ1Г, ууыл пе ’ууæндыпц æмæ мæ фæлваргæ кæнынц. Мæ уæхсчытæ, мæ цæнгтæ мын æл- хъывтытæ кæнынц æмæ кæрæдзийы дзыхæй дзырд исынц: — Мæнæ, Дзылытæ мидæгдон кæмæн дарынц, уыцы уæрыкк сын æддæмæ куыд раирвæзт... — Æмæ йын цымæ бирæгъæй нæ тæрсынц? Ай хуы- зæн дзæбæх уæрыккмæ бирæгъ авд- хохы фæстæйæ дæр æрцæудзæн æмæ йæ афардæг ласдзæн. — Дзылытæ сæхæдæг кæцæй цы раскъæфой, ууыл куы хъуыды кæнынц æдзух. Уыдонæй исчи исты аскъæф- дзæн?.. — Æцæг, дам, ацы уæрыччы дæр скъæфгæ куы ра- кодтой... Дзурынц, фæлæ сæ ныхæстæ мæнмæ нæ хъуысынц. Хъуысгæ та куыд нæ, фæлæ мыл не ’ндавынц. Æз кæсын лæппутæм... Худгæ мыл ма фæкæн. Зæрондыл ахæм ны- хæстæ нæ фидауы, фæлæ уæд зæронд нæ уыдтæн. Уæд мæ тæккæ чызджы кары уыдтæн æмæ уый цазæр тæл- тæг æмæ кæрæф вæййы, уый та дын амонын нæ хъæуы. Махæн уыцы хъуыддаг æрдзæй лæвæрд у, æмæ йæ алчи дæр æмхуызон банкъары. Уæлдайдæр та, рæвдыдцух куы аззайы, уæд. Гъе, æмæ кæсын лæппутæм. Кæсын сæм æмæ сын мæхинымæры лæгъстæ кæпын, цæмæй мæм уыдон æрбацæуоп хæстæг, цæмæй мæм чызджыты бæс- ты уыдон гæзæмæ уæддæр февналой æмæ мын исты ны- хæстæ дæр зæгъой... Ницы сæ раитыст. Уый хыгъд чыз- джытæн се ’фсæртыл дур æруад æмæ сæ хъæлæба, æвæц- цæгæн, ме ’фсинмæ дæр фæхæццæ ис. Йæ хъæр рай- хъуыст тыргъæнх — Чындз, цы фæдæ, цы? — æз фæгæпп ластон. Алыгъ- дысты, мæ уд иучысыл кæуыл банцой, уыцы фæсивæд дæр. Æз фестадтæн. Дуаримæ архайæг мæхи фæкодтон. Мæнæ, зæгъып, кæрты дуар æхгæпыпмæ рацыдтæн. 47
— Æмæ кæрты дуар сæхгæныны тыххæй æддæмæ ахи- зын цæмæн бахъуыдис? — Ам цавæрдæр адæм тынг хъæлæбагæнгæ æрцæй- цыдысты, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма хыл кæнынц. Мæ хъус сæм адардто» чысыл, — афсон кодтон æмæ, мæ ныхас бауырныдта ме ’фсины æви нæ, уымæн ницы ба- зыдтон, фæлæ йæм мæ ми раст кæй нæ фæкаст, уый бæ- рæг уыд. — Никæмæ дæ ницы кæсинаг ис. Кæрæдзи куы ныц- дæгъдой нæ хъæубæстæ, уæддæр дзы махыл ницы цæуы, мах никæй иргъæвæг стæм. Æз йæ иувæрсты бацыдтæн мидæмæ. Дуар мæхиуыл •сæхгæдтон æмæ схуыссыдтæн, фæлæ фынæй нæ бадæн. Æдзух мæ цæстытыл уадысты уыцы фæсивæд. Хæлæг æмæ сæм тæхуды кодтон, афтæ сæрибарæй кæй цæуынц хьæуы уынгты, уый тыххæй... Ме ’фсины æгæр куы с’мæсты кæнон, уый тæсæй дык- .каг изæр налдæр уынгмæ рацæуинаг уыдтæн, налдæр кæртмæ, фæлæ мæ зæрдæйыл, ме ’нкъарæнтыл норст цæ- хæры æмбисонд æрцыд. Уый дæр, цалынмæ йыл æртху- тæджы кæрц вæййы, уæдмæ уыцы æнцад фæлæууы, фæ- Лæ йæ чысылдæр исчи басхъаудта, уæд та хъуамæ цыры- нæй судза. Нæ та бабыхста мæ зæрдæ æмæ та рахызтæн кæртмæ, уырдыгæй уынгмæ. Куыддæр бандоныл’ æрбадтæн, афтæ та, цыма сæ исчи ардаугæ скодта, уыйау мæ уæлхъус .æрбалæууыдысты дысоны фæсивæд, æрмæст ныр фыл- дæр уыдысты. Чызджытæ та дыууæйæ мæ фæйнæ фарс кæй абад- тысты, уый мын ницыгар фæныхылдта ме ’нкъарæптæм, фæлæ ныр иу бæрзонд, рæхснаг лæппу мæ разы дзуццæ- джы абадт æмæ мын уæлæмæ кæсы мæ цæсгоммæ: — Мæнæ цы дзæбæх чындз ис Дзылытæн, — уыцы ныллæг хъæлæсæй дзуры æмæ йæ сæр дисгæнæджы æн- къуыст кæны. — Æй, уæ мард фесæфа, ацы æвзæр Дзы- лытæ, кæд æй кæм ссардтат. Ныр сын æвгъау нæ дæ? — мæ къухтæм мын бавнæлдта æмæ мын сæ йе ’рмтты ныл- хъывта. Æз сыл цыма мæхирдæм хæцын, афтæ æвдисын мæхи, фæлæ йын мæхинымæры та дзурын: «Тынг^ ма сæ нылхъив». Уый сæ нæдæр æлхъивгæ кæны уымæй тынг- дæр, нæдæр мын сæ уадзгæ кæны. Чызджытæй йын иу •барджыны къуырд бакодта йæ къух: — Суадз чызджы къухтæ. Уæхи хъæуы чындзытæм- 48
иу кæн ахæм къæйных æвнæлд. Мах хъæуы чындзытæ хынджылæггаг не сты. — Фæлæу-ма, — мæ къухтæ мын уæддæр не суагъта, афтæмæй дзуры чызгмæ. — Хæрæфырт æмæ, дам; чындз кæрæдзийыл зæрдейæ вæййынц. Мах цæуылнæ хъуамæ дæрæм хæларæй? — Цæрут хæларæй, уый та уæ чи нæ уадзы, фæлæ ды 4 Дзылыты хæрæфырт нæ дæ, Батыр" æмæ дын Дзылыты чындзытæм нæй афтæ къæйныхæй ныхилыны бар. — Хæрæфырт хъæубæстæн иумиаг вæййы, æццæй нæ, Саучызг? — Нæ зонын, — мæ уæхсчытæ фелхъывтон æмæ фыц- даг ныхас схауд мæнæн дæр мæ дзыхæй. — Зонын æй хъæуы, — сыстад Батыр, мæ къухтæ мын суагъта æмæ мын ныр та ме уæхскыл æруагъта йæ арм. Мæнæн уыцы ныдзæвдæй ме уæнгтæ ныррызтысты æмæ, исты фыдбылыз куы æрцæуа, уымæй фæтарстæн, фæлæ чызджытæ фестадысты. Лæппуйы цæнгтыл фæхæцыдыс- ты æмæ йæ скъæфæгау акодтой: — Цалынмæ нæ йе ’фсин нæ раййæфта, уæдмæ цæ- уæм, науæд нæ стæгхъæнтæ фæкæндзæн. Ацыдысты уыдон. Æз ма уæддæр бадтæн æмæ уыцы армы ныдзæвды æхцон хъыдзыйæ мæ буары ирхæфстон. Куы ’руазал ис мæ буар, уд сыстадтæн. Дуар æхгæны- ныл архайдтон, афтæ та тыргъы фæзынд ме ’фсин: — Цы та фæдæ, цы? — Мæнæ дуар æхгæнын. — Æмæ уæдæй нырмæ цавæр дуар æхгæд у? Афтæ ма æнхъæл æмæ дæ рацыд, де ’рбацыд мæнæй аирвæз- дзыты. Бындзау тæхгæ куы ракæнай, уæддæр дæ базон- дзынæн, уымæн æмæ дын дæ алы фезмæлдмæ дæр мæ хъус дарын. Куы рацыдтæ, уæдæй нырмæ дуар æхгæны- ныл архайдтай? — Скъæтмæ бауадтæн æмæ уым афæстиат дæн. Хуыссæг мæ нæма ахсы æмæ, зæгъын, æхсæвæй иу чысыл ратонон. — Тон дзы, фæлæ йæ кæм æмæ куыд ратонын хъæуы, уый зон... Уыйразмæйæ ныр ноджы фыдæхсæвдæр фæдæн. Уы- цы бындайраджы лæппуйы армы æхцон ныдзæвдæй мæ буар нал æмæ нал æндидзыдта. Куы-иу мæ айрох, уæд-иу фæцæйфынæй кодтон, фæлæ та-иу уæхск судзæгау скод- та æмæ... Дыккаг изæр чызджытæй уый фæраздæр ис мæ цуры * Къæбысты 3. 49
абадынмæ. Йæ цонг мын мæ фæсонтыл ауагъта, йæхимæ- мæ рагон хæлары æлхъывд æрбакодта æмæ мын мæ хъу- сы афтæ дзуры: — Цом немæ скъоламæ. Цом æмæ фæкафæм, фæза- рæм. Мæ удыл мын афтæ бандæвта йæ кæлæн ахастæй æмæ, скъоламæ нæ, фæлæ арвы кæронмæ дæр фæцыдаин йемæ. Афтæ йæ цонджы æхцон уæз æнкъаргæйæ фæцыда- ин йемæ кæдæм фæнды дæр, фæлæ мын гæнæн кæй нæ уыд, уый зыдтон. Стæй ноджы уыцы уысм мæ цæстыты раз февзæрд мæ лæджы’тызмæг æндæрг. Иæ цæстыты цæхæрæй мыл пиллон арт сирвæзт. Хъуамæ сыстадаин, фæлæ мæ уый ноджы тынгдæр æрбалхъывта йæ риумæ. Чызджытæ дæр нæ алыварс тыгуырæй лæууыдысты. Æвæццæгæн, уыдон ардыд уыдис, бындары чызджытæ фæуой, æмæ бынтон уисæн нæ кодта. Æз нынныгъуылдтæн Батыры хъæбысы æмæ, ахст маргъау, рызтæн, чызджытæ дæр махмæ кæсыныл уыдыс- ты æмæ, ме ’фсин нæ уæлхъус куыд æрбалæууыд, уый сæ ничи фæхатыдта. — Æ, бындзагъд фæуат, кæд уын, — йæ къухы цыдæр пыхс фæцис æмæ сыл уымæй ныккалдта. Батыр мæн феуæгъд кодта æмæ чызджыты аууон афтæ фестад, цыма уый дæр нырмæ лæугæ кодта æмæ мæм къухæй æппын- дæр нæ февнæлдта. Нæ зонын, фæхатыдта нын нæ бадты уавæр ме ’фсин^ "æви нæ, уымæн ницы базыдтон, фæлæ, фæсивæд куы ал- ыгъдысты, уæд æз иунæгæй аззадтæн бадгæйæ. Уый мæ- ныл дæр ралæууыд пыхсæй. Æз ныкуыдтон æмæ алыгъ- тæн хæдзармæ. — Кæцæй æрцыдтæ, уыдон мæрдтæ æмæ удæгæстæн, цы не ’мбæлы, ахæм митæ фæкæнай, кæд дæу нæ хъахъ- хъæндзынæн, — фæстейæ мæ æрбасырдта, фæлæ æз дуар мæхиуыл сæхгæдтон мидæгæй. Уый нæ сархайдта дуар кæныныл, налдæр мæ æлгъитгæ фæкодта. Бæрæг уыд, йæ лæг исты куы бамбара, уымæй кæй тарст. Уый хыгъд дуар æддейæ сæхгæдта æмæ ма мæм мидæмæ æрба- дзырдта: — Бад ныр уым. Райсом-иу дæ, фосау, рауадздзы- нæн митæ кæнынмæ æмæ та-иу дæ фæстæмæ бакæндзы- нæн... Афтæ уыд йæ зæрды саразын, фæлæ дын норст цæ- ’хæры кой дзæгъæлы нæ ракодтон. Цы ма мæ баурæдта- ид! Дыккаг райсом мæ, æцæг, фосы уагъд ракодта, хæ- 50
дзары зылдтытæ куы фæдæн, уæд мын хæринаг уырдæм балæвæрдта, стæй та мыл дуар сæхгæдта. Диссаг у адæймаджы æрдзы конд! Мæнæй æндæр, чи зоны, йæ митыл фæсмонæй йæхи марынмæ дæр æрцыда- ид, æз та бадтæн æмæ хъуыды кодтон, изæры кæуылты аирвæздзынæн æмæ Батыры кæуылты фендзынæи, ууыл. Уый дын сылгоймаджы равджы кæлæн митæ! Ницы æрымысыдтæн æмæ та’ мæ изæры зылдтыты фæстæ ме ’фсин дуарæн куы фæмидæгæй кодта, уæд фæр- саггæронмæ бацыдтæн. Дæлвæйнæгыл мæ сæр æруагъ- тон æмæ кæуын. Кæуын сывæллонау хæкъуырццæй. Уа- лынмæ фæрсаджы авджы къæрцц фæцыд: чидæр ыл сы- джыты къуыбар кæй æрбахста, уый базыдтон æмæ акас- тæн. Цæхæрадоны æмбондгæрон лæууыдысты дысоны чызджытæ æмæ мын къухæй амыдтой, рагæпп кæн, зæгъ- гæ, фæрссагæй. Æз. исдуг адывæнд кодтон, стæй мæхи- нымæры мæ къух ауыгътон: «Уымæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдзæн, æз ардыгæй ахиздзынæи, уый. Уадз æмæ разæй хъахъхъæнæд. Иу чысыл мæхи аирхæфсдзынæн, стæй та фæстæмæ ауылты æрбахиздзынæн...» Тынг хъæлдзæгуыдис скъолапы. Фæсивæд кафыдыс- ты, зарыдысты. Æз дæр ма кæдæй-уæдææй мæ дзых фæ- хæлиу кодтон зарыны сæрæфтæн. Уый фæстæ нын бацай- дагъ ис кафын, симын. Æз æмæ Батыр симдтам иумæ. Уый мæ йæхимæ фидар æрбалхъывта, йæ рус мын мæ уа- дулыл сæвæрдта, афтæмæй симдтам. Дæттæй, цы ’хцон уысмтæ уыдысты! Мæныл æмбæлд мæ рус ахибар кæнын. Афтæ мæм дзырдта мæ зопд дæр, фæлæ мæ бон нæ уыд. Уый хуызæн адджын уадулæй мæ рус фæхицæн кодтаин, уый мæ бон иæ уыд æмæ йæ æз дæр ныууагътон. Симд кæронмæ нæма ахæццæ ис, афтæ къæсæрыл февзæрд ме ’фсин. Иæ бакаст, йæ цæсгомы æвæрд цы хуызæн уыдаид уыцы уысм, ууыл дæхæдæг ахъуыды кæн. Мæнæн ныртæккæ дæр уыцы хуызы уайы мæ цæстытыл, фæлæ йын йæ зæгъын, истæимæ йæ абарын нæдæр уæд бацис мæ бон, нæдæр ын ныр арын исты йæхи æнгæс. Æнæуый цæсгомæй йæхихуызæн æппындæр ницыуал уыд. Фырмаст æмæ фыдæхæй ныггæлиртæ ис, фæлæ иууыл диссаг та йæ хъулæттæ уыдысты: кæм — сырх, кæм — сау, кæм — бур, кæм — цъæх. Ацы хуызтæ афтæ хорз уымæн равзæрстон, æмæ ма скъолайы хзтæны, чысыл Раздæр "æнæхъæн хъæуы фæсивæд кафгæ æмæ заргæ кæм кодтой, уыцы хатæны ма баззадыстæм нæ дыууæ. Иннæ- 51
тæ, цæргæс кæмæ фæлæбуры, ахæм карчы, цъиутау, пып- пырх сты ме ’фсины ауынгæйæ. Мæнæн алидзæн никæдæм уыд. Кæдæм хъуамæ алыгъдаин? Иæ къухы цы дынджыр лæдзæг уыд, уымæй мын уæддæр æнæфæнæмгæ нæ уыд. Цы уæлдай мын уыд, фæнды мæ дзы ам фæнæмæд, фæн- ды хæдзары. Æнæуый ма мæ ам цыдæр ныфс уыд. Чи- зоны, зæгъын, хъæлæба айхъуысынæй фæтæрса æмæ мæм тынг нæ феххæла. Уыцы ныфсæй цавддурау лæууыдтæн æмæ йын комкоммæ кастæн йæ цæсгоммæ. Уый йæхæдæг дæр иудзæвгар рæстæг фæсæццæ ис. Чысыл размæ рата- сыд, афтæмæй лæууыд æмæ мæм каст. Каст мæм уыцы тызмæг цæстæнгасæй. Цыма мыл дызæрдыг кодта, æз кæй дæн, уый йаё цыма æххæстæй нæ уырныдта, уый каст мæм фæкодта иу дзæвгар, стæй мыл йæхи æрбаскъæрд- та. Мæ мæкъуыстæг мын ацахста æмæ... Æй йæ арты бындар фæуа! Кæцæй йæм æрцыд уыйбæрц тых! Афтæ мæм каст, цыма мæ куы бафæнда æмæ куы февналон, уæд дур бадон кæндзынæн, фæлæ мæ бæмбæджы тула- йы скъæфт куы ракодта, уæд загътон, зæгъын, мæм нал- дæр тых ис æмæ налдæр уæз. Цыдæр хингонд фæдæн æмæ мæ ныртæккæ уæлдæфы ауадздзæн. Ауадздзæн мæ æмæ искуы карчы пакъуыйау хæмпæлты байсæфдзынæн. Скъæфы мæ ме ’фсин уынгты æмæ йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæны. Æниу, хъæр кæй кодта, уый мын æхсызгон уыд: æгайтма уыйонг æрцыд æмæ дзы йæ хæдзарвæнда- джы сæрыстырдзинад дæр ферох ис. — Къахбай! — хъæр кæны йæ хъæлæсы дзаг. — Дыу* уæ боны æнæлæгæй аззадтæ, къахбай, æмæ дæ дæ кæ- рæф, де ’нæфсис буары судзаг фæрссагæй расхуыста кæй- дæр дзæгъæлхæтаг лæппуйы бынмæ?! Кæйдæр фæскъул- ты æмæ дæ къутæрты бынты, стæнмæдзæуæг гадзайау куы ралас-балас кæны кæйдæр дзæгъæлхæтæг, уæд дын дзы афтæ бафсис нæй, кæцæй æрцыдтæ, уыдон мæрдтæн æй ныффæлдисай!? Фæрссагæй дæм кæй лæст уыцы дзæгъæлзад æмæ дæ мæхи хæдзары, мæхи бынатыхица- уы цæсты раз мæхи хуыссæнты йæ быны гобаньт дард кæй кодта, уый дæр дын нал сфаг ис, къахбай, скъолайы фæскъултæм та ма кæдæм рахастай дæ кæрæф буары су- дзаг! Æви дын дæ фæсонтæ дуртæ æмæ сындзытæ куы хуынчъытæ кодтаиккой, уæд фылдæр æхцондзинад ис- уай!? Æ, дæ мад макуы амæла сылгоймаджы æрдзыхъæд! Ныртæккæ мын цы дудгæбæттæ дзуры, цы фыдтæ мыл мысы, уыдон йæхи зонды тыллæг кæй не сты, уый та мын 52
цы æмбарын хъуыд. Кæйдæр бафæндыд сæ хæдзарвæн- даджБ1 фарн сын мæн ’руаджы цъыфтимæ сæвдулын, æмæ мæ Батыримæ афтæ цæугæ куы федта (мæ фæсон- тыл мын йæ цонг ауагъта, афтæмæй цыдыстæм уынджы, фæрссагæй куы рахызтæн, уый фæстæ) ’уæд æрымысыд алы тугтæ æмæ сæ ме ’фсины хъусты бацагъта. Ныр мын уыдон кæйдæр æвзагæй дзуры, фæлæ йæ уырнгæ кæнынц æмæ ма мæ уый фæстæ удæгасæй ныууадздзæн, ууыл дæр тынг нал æууæндыдтæн, фæлæ мæ сæ хæдзарæй кæй фæсурдзæн, уый та мын æппындæр дызæрдыггаг нæ уыд. Мæнæи та дыууæ фæндаджы дæр цыдысты мæрдтæм: фæнды мæ йæхæдæг амарæд, фæнды мæ сургæ акæнæд, уæддæр мын мæрдтæй дарддæр ацæуæн никæдæм уыд. Мыййаг дын уый фæстæ мæ цæгатмæ, æнæуый дæр æрмист кæмæй уыдтæн, уыцы цæгатмæ куыиæ ацыдаин! О, æмæ ингæны къæсæрыл кæй лæууыдтæн, уый фидарæй зыд- тон, фæлæ ма уæддæр кæд бæллыдтæн цæмæдæрты. Ба- тыр дæ уым кæйдæр фæскъултæм, къутæрты бынты, фæрссагæй дæм бырыд æмæ æндæр ахæм диссæгтæ куы дзырдта, уæд æз та мæхинымæры, ме ’фсин мæ скъæфта мæ мæкъуыстæгæй, кæдæм мæ скъæфта, кæм мæ аппар- дзæн, уый дæр нæ зыдтон, фæлæ уæддæр мæхинымæры дзырдтон, дæттæй, мæ боныл, кæй мыл мысыс, уыдонæй иу уæддæр куы уыдаид æцæгæй! Афтæ бæллыдтæн мæ- хпнымæры, уæд мæ мардыл фæку! Æниу дын сæ афтæ лыстæггай кæп дзурын, уый тыххæй мыл дæ зæрдæ ма бахудæд, дæ нывонд фæуон. Ды сылгоймаг дæ, уæд æз цы кары уыдтæн, ныртæккæ ды дæр уыцы кары дæ æмæ мæ бамбардзынæ. Сылгоймаг уæддæр сылгоймаг у æмæ се ’рдзы конд иу карды карстау у. Маргæ мæ нæ акодта ме ’фсин, фæлæ мæ ныр баи- пæрста, дуарæй дарддæр судзины быны йас хуынкъ дæр кæм нæ уыд, ахæм хатæны. Дуæрттæ мыл ныхгæдта æмæ ма мæм иыллæг хъæлæсæи бадзырдта (æвæццæгæн пæ лæг фынæй уыд æмæ, куы райхъал уа, уымæй тарст): — Ныр-иу дæм уырдæм æрбабырæд дæ дзæгъæлхæ- тæг. Æз дын ахæм ми бакæндзынæн, æмæ • дæ лæджы фарсмæ хуысгæйæ дæр, кæд ма искуы хуыссай, уæд, фæ- лæ йын æз дæ хъуыддæгтæ къахджын-къухджынтæй фæ- дзурдзынæн æмæ дын стæй цы ми бакæндзæн, уый та æз пыридæгæн дæр зонын, о, æмæ дын æз ахæм ми бакæн- Дзынæн, æмæ дæхи лæджы цур хуысгæйæ дæр дæ буар пæлгоймаджы узæлдмæ, нæлгоймаджы февнæлдмæ куыд- нæуал бабæлла... 53
Иæ лæппуйыл мæ æнæмæнг кæй сардаудзæн æмæ мын уый та ацы «бæллæхтæ» æнцонæй кæй нæ ныббардзæн, уый мæ уырныдта æмæ æппæт амæлттæй дæр архайдтон, йæ зæрдæ йын балхæныныл, кæд мын, зæгъын, фæтæри- гъæд кæнид æмæ мæ нæ сардауид Æмзорыл. Æддæмæ- иу мæ куы рауагъта, уæд куыстон, змæлыдтæн тынг иу- зæрдионæй, алцы дæр арæзтон, ме ’фсины зæрдæмæ хуыздæр куыд фæцыдаид, афтæ. Кæртæй æддæмæ ахи- зыныл никуыуал фæлвæрдтон, кæд мæ фæндгæ тынг код- та, уæддæр. Цы мын дзырдта, уыдон æххæст кодтон ца- гъарау... Фæлæ мын нæ фæтæригъæд кодта, йæ зæрдæ балхæ- нын мæ бон нæ бацис, нæ мын ныббарста... Æрцыд уалдзæг. Æрцыд, фæлæ уый мæнæн цæй уал- дзæг уыд? Цардтæн мæ талынг къуымы. Митæ кæнын афон-иу мæ ме ’фсин рауагъта, фосы куыд рауадзынц, аф- тæ. Куыд архайын, уымæ-иу йæ хъус дардта, хатт-иу мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, мæ лæг куы æрцæуа, уæд мæ æнæмæнг кæй сардаудзæн, уый æмæ мæ уыцы хабар бынтон æргæвста. Хатт-иу сфæнд кодтон, йæ разы мæ уæрджытыл æрхауон, йæ зæнгтæн, йæ уæлфæдтæн ын пъатæ кæнон, афтæмæй йын балæгъзтæ кæнон, цæмæй мæ ма сардауа, фæлæ уый дæр мæ бон нæ уыд. Мæ сæ- рыстырдзинад мæ нæ уагъта, æви мæ уымæй дæр стыр ныфс нæ уыд, уый мæхæдæг дæр нæ хатыдтон, фæлæ ни- куы мæ бон бацис уыцы хъуыддаг бакæнын. Афтæмæй æрцыд уалдзæг. Хатт-иу кæцæйдæрты мæ хъустыл æр- уад, Хъызларæй фос рараст сты, зæгъгæ, æмæ рæхджы ам уыдзысты. Мæнæн-иу уыцы пыхæстæй мæ зæрдæ ба- рызт æмæ хуыцаумæ куывтон, хуыцау, зæгъын, искуы уыцы лæппуйыл иу дур уæддæр æрæппар æмæ мæлгæ ма акæнæд, фæлæ мæн кæмæй æфхæрдзæи, уыцы цæнгтæ йын асæтт... Мæ лæгъзтæ, ме ’фспнæй хъауджы, хуыцаумæ дæр нæ фехъуыст, æрцыд Æмзор сæрæгасæй, фæлæ ма мын ам иу ныфсы таг фæзынд: Æмзор куы æрцыд, раст уыцы изæр амард йæ фыд. Æз хъуыды кодтон, зæгъын, ме ’фси- ны ацы дудгæбоны цур мæн мæ лæгыл ардауынæй дард- дæр ницы æндавдзæн? Стæй дзы уæдмæ кæд айрох уаид йæхи судзгæбонæй. Æмæ æцæг, марды кæндтæ аразыны ’рæстæджы никуы ницы фæхатыдтон, йæ лæппуимæ дæр- иу аныхас кодта, фæлæ марды хъуыддæгтыл ныхас уыд уый æмæ дзы ницæмæй тарстæн. Фæлæ сæ мардæй куы фервæзтысты, хисты фæстæ дыккаг, стæй ма æртыккаг 54
бон дæр, æддагон æрцæуæг уазджытæй ма уæдмæ чи баззад, уыдонимæ рухсытæ куы фæкодтой æмæ адæм иу- уылдæр сæ хæдзæрттæм куы фæцыдысты, уæд мæм иу бон фæдзырдта ме ’фсин. Йæ разы мæ æрбадын кодта, мæ фарсмæ ма цы бандон уыд, ууыл та йæ лæппуйы æр- бадын кодта. Мæнæн ме уæнгтæ бадон сты. Базыдтон мæ хуыцауы цæф æмæ та афæнд кодтон, цæй, зæгъын, ныр уæддæр æрхауон йæ разы, кæд мын фæтæригъæд кæ- нид, æмæ мыл кæйдæр æвзагæй цытæ фæмысыд, уыдон æххæстæй нæ радзурид мæ лæгæн. Нæ та бацис мæ бон ам дæр афтæ бакæнын. Дурдзавдау бадтæн æмæ æнхъæл- мæ кастæн, цы хуызы мæ мардзысты, уымæ. Ныры хуы- зæн мыл никуы æртæфст, мæхи аххосæй мæ цæгатæй æр- мист кæй фæдæн, уый. Ныр мын, зæгъын, хъуыды кæнын мæхинымæры, кæдæм фæлидзон, кæм мæ ’бавæрдзысты, иу ахæм бынат уæддæр куы уаид, уæд ацы тæккæ сæ цæстыты разæй дæр нæ фæтъæбæртт ласин! Уынгæ дæр мæ бæргæ нал акæниккой, фæлæ кæдæм алидзон, кæмæй бацагурон æххуыс? Иу ахæм ныфс мæхицæн никуыуал æрцагуырдтон нырмæ æмæ ныр, хъуыддаг къуырцдзæ- вæнмæ куы æрцыд, уæд ма йæ кæм агурон? Нæ мын уыд ахæм исты æрцагурыны фадат æмæ æнхъæлмæ кастæн, цы хуызы мæ æфхæрдзысты, уымæ. Æмæ та... мæ зæрдæ та мæхиуыл цæмæй фæхудт, ахæм сæнттæ та æвзæрд мæ хъуыдыйы: Батыр мæ кæмыты «ралас-балас» кодта, уыдæттæ куы дзырдта ме ’фсин йæ лæппуйæн, уæд мæ- нæй æппæт дæр ферох ис, æрмæст ма мæхинымæры дзыр- дтон: «Дæттæй, мæ боныл, уый уæддæр куы уыдаид æцæ- гæй». Дзырдтон афтæ, цалынмæ мæ русыл, зæхмæ мæ чи аппæрста æмæ мын мæ сæр стъолы къахыл чи ныццæвын кодта, ахæм дзæхст мæ русыл нæ сæмбæлд, уæдмæ. Стæй ницыуал базыдтон. Налдæр истæмæ бæллынхъом уидтæн, налдæр истæмæй тæрсынхъом... Куы æрчъицыдтон, уæд мæ цæстытæй ракастæн æмæ ну рухсы цъырттыл дæр никуы схæцыд мæ цæст. Æвæц- цæгæн, зæгъын, амардтæн, ингæны дæн æмæ афтæ та- лынг уымæн у. Ногæй та бацъынд кодтон мæ цæстытæ, асмæ та ницыуал базыдтон. Фынæй бадæн, æви та æнæ- Уый мæ зонд фесæфтон, уый рахатын мæ бон нæ уыд. Нæ уыд, уымæн æмæ нæ зыдтои, мард дæн æви удæгас. Ногæй та куы... фынæйæ райхъал дæн æви чъицгæ ^ркодтон, уый нæ зонын, фæлæ та мæ цæстæй куы ра- кастæн, уæддæр нæй рухс, афтæмæй та мæм афтæ каст Цæмæндæр, цыма æнæмæнгæй бон хъуамæ уа. Æз рабад- 55
тæн мæ сынтæджы. Кæд зæгъын, æцæгæй ынгæны дæнг мæ къухтæ хæссын мæ алыварс. - Нæ, мæхи сынтæджы хуыссын, фæлæ уæд фæрссæгтæ та цы фесты. Æппынсæ рухеы цъыртт куы никæцæй кæлы. Сыстадтæн. Фæрссæг- тæ кæм уыдысты, уым сæ агурын. Цæй фæрссаг æмæ цæй цыдæр? Æз сæ кæм æнхъæлдтон, уф1м иууылдæр къул амад. Æз базыдтон мæ хуыцауы цæф. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ лæг мын цы кæнинаг у, уый рагацау, уæлдай- дæр та нырма мæ цæфтæй æххæст куы нæ æрчъицыдтон, уыцы уавæры бæстон бамбарын мæ бон нæ уыд, фæлæ мын нырæй фæстæмæ фæрссагæй ахизæн кæй нал уыдзæн, уый базыдтон. Базыдтон æй, æмæ мæ зæрдæ йæхи рпуы къултыл ныххоста: Иугæр мын ахæм талынг ахæстон са- рæзтой, уæд мæ нæдæр амаринаг^ш, нæдæр фæсури- наг. Мæн та сæ дыууæйæ иу тынг æхсызгонæй хъуыд. Иннæ дæр мæ уæддæр уырдæм æркодтаид, фæлæ мæ дзы иуыл сæхæдæг куы фæцалх кæниккой, уый мæ тынг фæндыд. Ныр иугæр фæрссæгты сæхгæдтой, уæд мæ нæ- дæр суринаг сты, нæдæр мын мæхицæн ратдзысты али- дзыны æмæ мæхицæп исты фыдбылыз саразыны фадат. Æз сынтæджы ныххаудтæн æмæ бирæ фæкуыдтон, стæй мæ еæр цыма цыдæртæ æмбарын байдыдта, афтæ мæм фæкаст æмæ æвиппайды мæ уаты фæбадæг дæн: — Фæлæуут, Дзылытæ, — бардхъирæн сæм кодтои хъæрæй, — сымах æцæг дзылытæ куы стут æмæ уæ æз нырмæ æххæст куынæ зыдтон. Фæлæ уын æз фенын кæндзынæн, чырæджы кæп бакæнынц, ахæм æнæбои маргъ кæй нæ дæн, уый. Æз уæддæр зонын мæ фæндаг æмæ мын мæ алыварс цæнгæт къултæ куы самайат, уæд- дæр мæ нæ бауромдзыстут. Сыстадтæн ногæй. Зилып къуымты. Агурын, мæхи кæм æмæ цæмæй æрцауындзон, ахæм исты. Фæлæ та мыл ам дæр зондæй фæтых сты ацы Дзылытæ. Мæ хъуырыл æххæсгæ цы акодтаид, æгæрыстæмæй дзы уый фаг бæт- тæн дæр ницы ссардтон. Суанг ма мæ хæдон дæр нал уы- дис мæ уæлæ... Иу рæстæджы дуар æрбапгом. Гом дуарæй цы рухсьг уаццаг æрбакалд, уым лæууыд мæ сæрыхицау. Лæууыд æмæ æдзынæг каст, мæ сынтæг кæм уыд, уырдæм. Æз барæй мæхи ныхъхъус кодтон. Ныуурæдтон мæ улæфт дæр. Уадз æмæ мæ, зæгъын, мард фенхъæла, æндæра цы кæнид. Уый иу дзæвгар афтæ фæлæууыд. Каст,. хъуыста, фæлæ куыницы рахатыдта, уæд йæ мадмæ фæ- дзырдта, ды ма йæм бацу, уæдта мард у, уæд æм мæнæн 57'
мæ бон афтæмæй нæдæр ныккæсын у, нæдæр февналын,' зæгъгæ. — Ахæмтæй йæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд, — æддеауæй мæм æрбайхъуыст ме ’фсины дзурын. — Сылгоймаг ах- æмтæн фидар у. Дысон дæр æфсон кодта. Мардæфсон скæныимæ сылгоймаг уырыйæ рæвдздæр у. Уый дæр ахæм уæлæнгай цæфтæй нæ амардаид. — Уæддæр æм ды бацу. Мæнæн мæ бон нæу, — аздæх- тис фæстæмæ Æмзор. Æз ын фæтæригъæд кодтон, мæ разы афтæ æнæбон кæй у, уый тыххæй дæр æмæ, рæуæууæнк кæй у, мæнг даутыл афтæ æнцонæй кæй баууæндыд, уый тыххæй дæр. Хъуамæ йæм адзырдтаин. Чи зоны, зæгъын, йæ зæрдæ фæтæнæг уа æмæ мæ суæгъд’ кæна ацы хъоргъæй, фæлæ нæ фæцарæхстæн. Уайтагъд къæсæрыл фæзынд ме ’фсин. Æрбацыд мæм уæззау къахдзæфтæй. Фыццаг дардæй, стæй мæм хæстæгдæраей ныхъхъуыста. Æз иу дзæвгар баурæдтон мæ улæфт. Уæд мын йæ арм мæ ныхыл авæрд- та. Фæлтæрд усæн цы базонын хъуыд, мард кæй иæ дæн, уый. Уайтагъд фездæхт æмæ адзырдта йæ лæппумæ: — Нæ дын загътон, уымæн ахæмтæй ницы тас у. Йæ- хицæн уыцы æнæмæтæй фынæй кæны. Фынæйæ ма йæ мидбылты дæр худы. (Æй, уæд зæрдæхудт фæуай, кæд нæ худын, — мæхинымæры йын бауайдзæф кодтои. — Æнæуый дæр уыцы талынджы адæймаг галы сæр дæр куы нæ федтаид, стæй ма мæнæн ме ’ргом къулæрдæм здæхт куы у, уæд мын кæцæй федтай мæ мидбылхудт.) Худы йæ мидбылты. Æвæццæгæн, фыны йæ хæзгулы уы- ны æмæ уымæн худы. Æз уайтагъд бамбæрстон... Мæ лæджы мыл цæмæй тынгдæр сардауа, цæмæй йын тынгдæр æнæуынон суон æмæ мын фыддæр хъыцъыдæттæ æвзарын кæна, уый тыххæй йыи кæй дзуры ахæм ныхæстæ, уый бамбæрс- тон. Хъуамæ растадаин æмæ йын алывыд фæкалдтаин, фæлæ мæхи ахæм лæмæгъ банкъардтон уыцы уысм æмæ цыма мæхи гæзæмæ базмæлын кæнын дæр мæ бон нæ ба- уыдзæн, афтæ мæм фæкаст æмæ мæхицæн ныххуыссыд- тæн. Ногæй та дуар сæхгæдтой, фæлæ сын уый нал ныб- барстон. Фестадтæн. Дуар ныххостон æмæ сæм афтæ дзурын: | —Уæ, гормæттæ, кæд мыл афтæ суæлæхох стут, кæд уæ æппын ницæмæнуал хъæуын, уæд мæ мæ фыды уæзæг- мæ уæддæр арвитут. (Æниу дын уырдæм æз цы нæ ацы- даин, куы мæ ауагътаиккой, уæддæр. Сайгæ сæ кодтон, 58
зæгъын, кæд мæ æцæгæй ауадзиккой, уæд мæхæдæг зыд- тон, кæдæм цæуын мæ хъуыд, уый.) Уæ хæдзармæ тæри- гъæд тыхæй цæмæн ласут? Ам куы амæлон, уæд уын уыцы тæригъæд хуыцау куыд ныббардзæн? Мæ тæри- гъæд æгас комы куынæ бацæудзæн, уæд ын уæ хæдзары къуындæг хатæн куыд сфаг уыдзæн? — Иугæр нырмæ нæ амардтæ, уæд дынныр ницыуал тас у, — æрбадзырдта мæм ме ’фсин. — Мæнæ дын ныртæккæ хæринаг баппардзыстæм, зилгæ фысæн куыд баппарынц, афтæ æмæ хæр. Æндæр аккаг нæ дæ. Æз исдуг афæнд кодтоп, зæгъын, кæрдзын нæ хæр- дзынæн æмæ сыдæй уæддæр кæд ныммæлин, фæлæ стæй мæхимæ фæхæрам дæн: «Ау, Дзылытæ мæныл куы фæ- тых уой, уæд ма æз цæй чызг дæн? Уадз æмæ мæм зи- лæнт ардæм. Уадз æмæ бадон ацы талынджы. Мæнмæ зилынæй куы сфæлмæцой, уæд мæ барæй уадздзысты æви æнæбары?» — æмæ мæхи барæй схъæлдзæг код- тон. Хæринаг-иу мын чи ’рбахаста, уый цур ма-иу худгæ дæр кодтон. Цыфæнды мын æрбахастаиккой, æз æй хордтон тынг æхсызгонæй. Кæд-иу мæ хъуыры нæ хызт фырмæстæй, уæддæр хордтон адджынæн. Хынджы- лæг-иу скъæрдтон, зæгъын, уæддæр хъаны цард никуы бафæлвæрдтаин. Æцæг сæм бахъардтой мæ ныхæстæ. Хæрынмæ-иу мæ ракодтой фынгмæ. Митыл дæр-иу мæ бафтыдтой, æрмæст сæ исчи хъуамæ мæ цуры уыдаид. Кæд-иу сæ уымæ никæй æвдæлд, уæд та-иу мæ фæстæ- мæ бакодтой мæ талынг къуымы. Афтæ дзы фæцардтæн иу цалдæр азы. Уым мын райгуырд Хуыга дæр, иæ ны- ввнд фои æмæ йын фæндаджы амонд фестон. Ме ’фсин дæр, стæй-иу нæм стæм хатт исчи куы ’рба- уад æмæ-иу сывæллонмæ куы ныккаст, уæд-иу се ’рмт- тæ ныццагътой: «Уый йæ мады цæрмыстыгъд куы бакод- та ацы цæринаг, — дзырдта-иу. — Иæ мадимæ иу халы дыууæ дихы сты». Ацы ныхæстæ исдуг ницæмæ дардта мæ сæрыхицау, фæлæ йæм фæстагмæ хъыг кæсын бай- Дыдтой. «Ныммардзынæн æй! -^- хъæр-иу кодта, уæлдай- Дæр та-иу искуы чысыл зынгыл куы фæлæууыд, уæд. — Æнæуый дæр кæд йæ мады хуызæн уыдзæн, уæд æй ра- гацау хъуамæ ныммарон. Нæ хæдзарвæндагæй хæтаг земæ къахбай никуы ничи уыд æмæ иугæр йæ мады хуы- зæн у, уæд хæтаг дæр уыдзæн æмæ йæ ныммардзынæн!» Фæлæ йæ нæ амардта. Маргæ йæ нæ акодта, фæлæ йын хъыцъыдæттæ бирæ фæдардта. Уымæй йын йæ рав- ДЖы ныммардта, сывæллон сывæллон цæмæй хуыпны, 59
уый. Мæ лæппу йæ сывæллоны кары æндæртау хъазын кæй нæ базыдта, уый мын мæ уды цъыссыммæ скъæрд- та. Хуыга къахæй æдæрсгæ цæуын куы базыдта, уæд ын йæ фыд хæдзары фæстæ, уынгмæ, хъæуы сывæллæттæ- иу кæм хъазыдысты, уыцырдæм куыд нæ зындаид, ахæм ран скодты фæндаг цæхæрадоны иу кæронæй иннæмæ. Фæндаджы иу кæром самадта, сывæллон хæссын кæй фæрæзтаид, ахæм дуртæ æмæ йæ бафтыдта уыдон хæс- сыныл. Фыццаг-иу сæ иуырдæм фæхæссын кодта, стæй та — иннæрдæм. Афтæ куыста сывæллон æрвыл боы дæр райсомæй изæрмæ. Куы-иу ныффæллад, уæд-иу æй> æцæг, аулæфын бауагъта æмæ та стæй... Дурты ивта рæстæгæй-рæстæгмæ. Сывæллон куыд стыр кодта, афтæ дуртæдæр кодтой стырæй-стырдæр. Дæс азы куы цыд мæ хъæбулыл, уæд ме ’фспн амард. Амард бынтон æнæнхъæлæджы. Æхсæвы бафынæй, æп- пындæр ницæмæй хъæрзыдта, афтæмæй. Бафынæй æмæ райсом нал райхъал. Мард уыдис æмæ ма цы райхъал уыдаид? Ныр мæ лæг йæ ахаст чысыл фæивта. Иунæгæй йæ тынг нал æвдæлд махмæ йæ хъус дарынмæ, стæй, æвæццæгæн, -тæрсын дæр райдыдта, ома мын куы али- дза, уæд ма мæм ахæм уавæры чи æрцæудзæн. Иунæ- гæй цæрыпмæ та пæ ныфс иæ хаста. Æмæ сывæллоны дæр ссæрибар кодта йæ дуртæ хæссынæп. Ауагъта йæ уынгмæ, фæлæ мæ лæппу æндæр сывæллæттимæ хъæлæй кæнæ æндæр нстæмæй никуыуал ахъазыд. Иннæтæ-иу хъазгæ куы кодтой, уæд уып та агуырдта дуртæ æмæ еæ^ хаста. Хаста сæ куы иуæрдæм, куы та —иннæдрæм. Мæ- химæ дæр мын тынг нал дардта йæ хъус, фæлæ уъщы цалдæр азы ме онг афтæ сфæлахс, мæ зæрдæйы æнкъа- рæнтæ афтæ бандзыг сты, æмæ нæлгоймаджы армы ны- дзæвд æппындæр иал хатыдтон. Æрцыд мыл ме ’фсины ныхас. Æрцыдис мыл æмæ хæрз æрыгонæй мæ зæрдæ, ме ’нкъарæнтæ бынтон базæропд сты. Ницыуал сæ æи- дæвта. Афтæмæй цардтæн æмæ æлгъыстон, фыццаг кæр- ты дуарæй æддæмæ куы ахызтæн, уыцы изæр æмæ уый фæстæны цалдæр изæры. Æлгъыстон сæ, фæлæ мæм мæ- зæрдæ та афтæ дзырдта: «Æнæзонд, цыдæр, цæргæ æр- мæстдæр уыцы цалдæр изæры фæкодтай æмæ уыдон та æлгъитгæ кæныс? Уыцы цалдæр изæры куынæ уыда- иккæй дæ царды, уæд дын дзы æндæр цæй цард уыдис,. бьш бауай!» Афтæ мæм дзырдта æдзух мæ зæрдæ, фæлæ мæм 60
цæмæн афтæ дзырдта, уый нæ хатыдтон. Ныр æп, цыма, тæзæмæты райдыдтон æмбарын, фæлæ ма цы? Цы ма мьш баххуыс кæндзæн йæ зонын? — арф ныуулæфыд Саучызг æмæ йæхи сынтæгмæ æруагъта. Йæ цæстытæ уыдысты хус. Йæ былтæ — чъырццæ. Дон æркуырдта. Банызта йæ, стæй зæгъы Цуцайæн: — Ацу æмæ уал истытæ акус, мæ хур, дæхицæн. Хæ- рпсджынмæ дæр дын кæд æгæр нæ байрæджы, уæд суай. Цас бирæ хъæуы уистæ рацæгъдынæн? Хæрисджыны алы къутæрыл дæр дыууæ-æртæ куырисы æрæвзæрдзæн. — Нæ, абон уырдæм нал ацæудзынæн, — загъта йын Цуца æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта: — Дæ хæдяар дын афснайдзынæн. Уæдмæ уал ды афынæй кæн. Уый фæстæ æххæст мæхи къуымтæ дæр афснайдзынæн, стæй мæ надзахи хъуамæ’ Лексомæ бахæссон. Кæд мын æй ацыргъ кæнид. — Ацыргъ дын æй кæндзæн.' Цæуылнæ? — афтæ ма бакодта Саучызг, стæй йæ фынæй сым-сым райхъуыст. * * * Къуымты ма цыдæртæ бакæрæдзимпдæгты кодта. Иæ онг ницæмæ тасыдис. Цыма абондæргъы зæронды æнкъард цардвæндагмæ нæ хъусы, фæлæ хæрисджыны цалдæр хуым æрæмбонд кæныны фаг кауы михтæ æмæ уистæ ракодта, уый хуызæн ныффæллад. «Æвæццæгæн, искæй зындзинадæй дæр адæймаг фæлмæцы æмæ фæл- лайы,. йæхи царды зындзинадæй куыд фæллайы æмæ фæлмæцы, афтæ», — ахъуыды кодта йæхинымæры, стæй хæстæг бацыд зæрондмæ. Уый йæ иу фарсыл хуыссыд къулæрдæм здæхтæй æмæ уыцы æнцад фынæй кодта. Цуца йын уæддæр йæ цæсгоммæ ныккаст. Æввахсмæ йьш æй куыд фетдаид, афтæ йын æм ныккаст. Фæллад- гъуыз ын ыл нæ зынд. «Æвæццæгæн, адæймаг йæ царды Уæззау уаргъ искæй уæхскыл куы бавæры, уæд дзы йæ- *æдæг улæфгæ бакæны, кæй бæрны йæ ныууадзы; уый та фæллайгæ», ноджы та ахъуыды кодта, стæй зæрон- Дьг дзæбæх æрныуæрста хъæццулы, кæд хид ракæнид, Зæгъгæ, æмæ йæ онг фæрогдæр уаид. и Йæ цæст ма иу хатт ахæссинаг уыд къуымты, фæлæ ^зе ныууагъта. Мыййаг, ма дзы исты æнæаргъæвгæ ми- Иагыл куы скъуыра йæ цæст, куы бафæстиат уа, уымæй 61
тарст æмæ йæхи расайдта. Зæронд фынæй уыд. Ацыд. æви нæ ацыд, ныртæккæ уымæн зæронд ницы бамбар- дзæн, фæлæ дзы Цуца афтæмæй дæр æфсæрмы кæны æмæ дзы йæхи расайдта: — Мæ надзахи мын куы нæ ацыргъ кæна Лексо, уæд мын афтæмæй ницы кусæн ис, — сдзырдта ныллæг хъæ- лæсæй. — Ныр уый дæр сæхимæ уыдзæн æмæ йæм ба- уайон... «Ацу, дæ нывонд фон», — бар ын радта зæронды су- сæг хъæлæс æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ барухс ис. «Æгайтма мыл фæстæмæ нæ фæхæцыд», — йæхи- цæн ныфс авæрдта. Надзахи нырма дæр фæсдуар æвæрд уыд. Фæсдуар нæ, фæлæ дуарæн æддейæ æвæрд уыд. Систа йæ,- Йæ коммæ ма йын иу хатт æркаст. Кæсын æм кæй нал хъуыд, æнæмæнг цыргъ кæнинаг кæй у æмæ йыл æй ам дуарæн æддейæ æвæрдæй кæй ничи сцыргъ кодтаид, уый тынг хорз зоны, фæлæ ма йæм уæддæр æркаст. Иæ бы- рынкъ дзыргъайы бырынчъы хуызæн кæй ныггуылмы- зис, уый цым"а~"фыццаг хатт уыны, уыйау батыхст йæ зæрдæ. Цыма йын æй. Лексомæ æнæахæсгæ кæй нæй, ууыл дæр фыццаг хатт ахъуыды кодта, ахæм тыхст ба- цис йæ зæрдæ æмæ йе уæнгтыл цавæрдæр зындзинады . уæз æрæнцад. «Цыдæр та кæныс, Цуца? — сдзырдта йæм йæ мидæн- къарæн — Зын та дын у, мæ хæзгул? Фæразын зынтæн хъæуы. Æнцон цардæй ма, уæртæ сынтæджы чи фынæй кæны, уыцы калцæг зæронд дæр бафæразид цæрын». — Алæ, цас диссаг у надзахи ацыргъ кæнын? — йæ- хицæн ныфс авæрдта. — Лексо, дам, ахæмтæм никуы фæзивæг кæны. Мæхицæн дæр мын айразмæ дзырдта, истæуыл, дам-иу, куы тыхсай, уæд, дам-иу, мæм æххуыса- гур æрбацу. Æз нырма æндæр ницæуыл тыхсын. Кæд æм фæзивæг кæна, уæд раздæхдзынæн. Лæг, дам, хуы- цауы кæртæй дæр здæхы. Хæдзармæ ма фездæхинаг уыд, фæлæ нал фездæхт. Мыййаг та йæ исты куы ныкъуылымпы кæна. Атындзыд- та. Искæмæй тæрсæгау, йæхицæй фæтарст æмæ атын- дзыдта, фæлæ нæ аирвæзт: йæ мидæнкъарæн ын йæ рох- тыл фæхæцыд: «Уый цыхуызæнæй фæцæуыс, гормон, фалæсыхмæ? — , бауайдзæф ын кодта йæ мидæнкъарæн. — Цалдæр азы уыцы сыхы уынгты дæ къах куы никуыуал авæрдтай, хуыцауæй æрхаугæ уазæджы хуызæн сæм куы уыдзынæ. 62
уæд сæм цы хуызæнæй фæцæуыс? Ау, Хæрисджыны уис- тæ кæнынмæ куыд уыдтæ, абондæргъы зæронды цур куыд бадтæ, уыцы фадыварцæп сæм цæуыс? Фалæ сых- мæ дæр уыцы чъизи æмæ лæзæрдтытæ фæлысты цæуыс?» — Адæймагыл йæ фыртыхстæй цынæ ’рцæудзæн?— йæхи раз йæхи раст кæны. — Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр уагыл цæуын хъæуы æцæгæлон сыхмæ. Чи дыл цы хуызы йæ къах æркъуырдзæн, уымæн цы бæрæг ис? Раздæхт фæстæмæ. Хъуг кæрты дуарæн æддейæ уы- цы æнкъардгъуызæй лæууыд. Цуцайы куы ауыдта, уæд æм фыццаг уыцы æдзынæгæй фæкаст, стæй йæ сæр иу- æрдæм азылдта æмæ бауасыд. Уыцы сæразылдæй цыма Цуцайæн йæ былтæ ракъуырдта, афтæ фæцис, стæй ма ноджы уасгæ дæр. Мæгуыр усæн йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Уый ма никуы федта, æмæ йæм хъугæй дæр уайдзæф æрхауа. Æнæуый, фос дæр уайдзæф кæнын, стæй рæвдауын дæр кæй зоны, уый Цуца хорз æмбары. Бирæ хæттыты йыл ба^узæлыд йæ хъуг æмæ-иу ын æхсызгон уыд. Фæлæ йын уайдзæф никуы бакодта. Кæрæдзи æмбæрстой. Зыдтой, сæ дыууæ дæр иунæджы- тæ кæй’уыдысты, уый æмæ кæрæдзийæн алы хатт „дæр æмбалы бынаты лæууыдысты. Ныхас дæр-иу кодтой. Ныр райста йæ хъуджы зæрдæхъыг Цуца æмæ йын æй нæ ныббарста. Хъуг ын æй нæ ныббарста. Бауайдзæф ын кодта. «Æвæццæгæн фос дæр æмæ адæм дæр æмхуьь зон æгъатыр сты кæрæдзимæ, — йæхинымæры дзуры Цу- ца. — Хорз саразыыы тыххæй раппæлыныл куыд æлгъин сты, уый хыгъд чысыл фæхъыг кæныны тыххæй та уай- дзæфтæм нæртон сты». Хъуамæ баузæлыдаид хъугыл, хъуамæ йын йе рагъ, йæ бæрзæй æрсæрфтытæ кодтаид æмæ дзы хатыр ра- куырдтаид, фæлæ йæм хъуг не '’рлæууыд. Æвæццæгæн æм тынг фæхæрам ис æмæ кæрты дуарæн фалæрдыгæй фарсмæ алæууыд, цыма йын афтæ дзырдта, ницæмæн мæ хъæуы, тыхæй кæй радомон, ахæм узæлд, зæгъгæ. Абон- дæргъы мæ ам уазал æмæ æххормагæй фæлæууын код- тай æмæ мæ ныр дæ узæлд нал хъæуы. Мæнæ дуар ба- кæн æмæ мидæмæ бацæуон. Иæ зæрдæ фæрыст, мæгуыр, Цуцайæн. Иæ цæстытæ доны азылдта. Нал февнæлдта хъугмæ дæр армæй. Бауагъта йæ мидæмæ æмæ ма йæ фæдыл адзырдта: — О, мæ тæригъæд уыл ныккæла. Иууыл мæнæн уæ- хи куы буц кæнут зæрондæй, нæуæг’æй, уæд уын ацы иу- нæг удæй цы саразон? Кæуыл уæ аххæссон?! 63
«Симды бацыдтæ, мæ хæзгул, уæд сим!» — ныххуыр- æта йыл йæ мидæнкъарæн. Цуца хъуджы бауагъта йæ бынатмæ. Холлаг ын •авæрдта. Кæрчытæн дæр сæ изæры хæлц сæхирдыгæй фæкодта, стæй йæ дарæс фæивта, райста надзахи æмæ атындзыдта фалæсыхырдæм. Цæуы ивазгæ къахдзæфтæй. Ничердæм кæсы, афтæмæй цæуы. Искæй фена, искæуыл ^фембæла, уый йæ нæ фæнды æмæ йæ развæндагмæ кæсы, æндæр никуыдæм. Афтæмæй йæ размæ кæй ничи фæу’ы- ,дзæн, уымæй йæ ныфс ис æмæ уыцы рог уайы, фæлæ... Уыцы æнæнхъæлæджы йæ размæ фæцис Лексо. Лексо йæхæдæг нæ, фæлæ йе ’ндæрг. Комкоммæ Лексойæн йæ- хи халдих у йе ’ндæрг, æрмæст амæн йæ рпхитæй иу бын- мæ зæбул у, иннæ хæрдмæ хъил. Æмæ хæрдмæ хъил чи у, уый хицæнæй худы. Худы куы æмырæй, куы та кæл- :кæлæй. Цуца æрлæууыд. Ахъахъхъæдта фæйнæрдæм. Уæд дзы налдæр Лексойы æндæрг уыд, налдæр йæ рихи худт. — Пуй, менæуынон фæу, адæймаджы цæстытыл дзы цы нæ ауайдзæн, — афтæ бакодта Цуца ныллæг хъæлæ- сæй æмæ та йæ фыццаг уагыл фæцæйцыд, фæлæ ныр та йæ размæ фæцис Лексойæн æрмæстдæр, худгæ чи кодта, уыцы рихи иунæгæй. Худтис та æмæ йын йæ зæрдæйы ■цурмæ æвзыста. Рихи йын худгæйæ йæ зæрдæйы цурмæ æвзыста, кæйдæр хъæлæс та йын (зæронды хъæлæсы хуызæн дæр æм каст, фæлæ æххæст уый хъæлæс дæр цыма нæ уыд) йæ хъусы дзырдта: «Кæсыс, Цуца, ацы зæронд рувасы рихитæм? Йæ бур талы сыкъаты хуызæн ын не сты? Уымæн дæр йæ сыкъа- тæй иу уырдыгмæ ныззæбул, иннæ та хæрдмæ фæцыд. Æмæ уыдон цæмæн афтæ сты, уый зоныс? Нæ йæ зоныс, фæлæ йæ æз зонын: зæрондæй дæр дзæгъæл къах кæй у, уымæй дæр йæхи хуызæн зæронд хъуццытæ нæ, фæлæ дыгæрдгуыты фæдыл рауай-бауай кæй уарзы, уый тых- хæй йын афтæ сты. Ацы зæронд йæхæдæг дæр зæрондæй <йæ комы æрхъызы дæндаг бакодта æмæ фыззы дæу хуы- ’зæн æрыгон сылгоймæгтæм. Кæсыс, йæ рихитæ дæр уы- мæн хæрдмæ-бынмæ фæцыдысты». Цуца та æрлæууыд. Надзахийы коммæ æркаст. Æр- дæбонæй йæм ныр ноджы къуымыхдæр фæкаст æмæ ас- (къуыддзаг кодта: — Нæй йын æнæ сцыргъгæнгæ. Афтæмæй дзы ни- цы бакусдзынæн, стæй уæдта... Мæ уд ын фæндагамонд :куы фестид, уæдта йæ хицау фæзынд, уæд ын зын уы- т
дзæн. — Атындзыдта та, фæлæ иыр та йæ размæ зæронды æндæрг фæцис: «Мæ царды уæззау таурæгъ дын мæ фырхъалæй дзырдтон, æнхъæлыс? — тызмæгæй йæм бадзырдта. — Цæмæй йæ дæ зæрдыл дарай æмæ мæ рæдыдтытæй дæхи хизай, адæмæй дæхи хибар ранмæ исай, уый тыххæй дын æй радзырдтон. Адæмы æхсæнмæ арæх куы ’фтай, уæд дын удмарæг тауисæй аирвæзæн никæдæм ис. Уый фи- дарæй дар дæ зæрдыл. Мæ царды хабæрттæ дæ удыл æмпъузæнау ныххуый æмæ дæ ма рох кæной». — Дæуæн дæ алы фезмæлдмæ дæр фæрсырдыгæй хъусдарджытæ уыд, зæронд, — пæхи та раст’ кæны зæ- ронды раз дæр. — Дæ алы къахдзæф дæр дын чидæр барста... «Мæнæн æнцондæр тохгæнæн уымæн уыд, — нæ сæт- ты зæронды æндæрг. — Искæимæ æнцон тохгæнæн у. Ис- кæй фыдæнæн дæхи удæн зын куы скæнай, уæддæр дын æнцон уыдзæн, фæлæ дæ дæхи раз дæхи фыдæнæн дæ^ уды ныхмæ цæуын куы бахъæуа, уæд та цы ми бакæн- дзынæ? Кæсыс, æз-иу цыдæртæ сарæзтон, мысгæ мыл цас æркодтой, уый бæрц ницы сарæзтон, фæлæ мыл кæй мысыдысты, уый дæр; мын æхсызгон уыд, уымæн æмæ, æнхъæл мæ цы уыдысты, уымæй кæмæндæр кодтон зын æмæ уыцы чидæр цас тынгдæр хъизæмар кодта, уыйас мæнæн та æнцондæр уыд. Уымæй дæр-иу мыл дуæрттæ куы сæхгæдтой, уыцы талынг къуымы-иу мæ куы бап- пæрстой, уæд-иу мæ фæдыл зилджытæ æддейæ баззады- сты. Мæ цуры-иу дзы ничиуал уыд æмæ-иу мæхицæн æнæмæтæй улæфыддæн. Дæуæн ахæм пичи ис. Дæуæн дæхи уд зилы дæ фæдыл æмæ уый фыдæнæн цы аразай, уый уæз дæр дæхи сæрыл цæуы. Стæй дæхицæй дæхиуыл дыуæрттæ дæр нæ сæхгæндзынæ. Куыд сæхгæндзынæ иу дæхиуыл дуæрттæ афтæ, цæмæй иннæ дæхи та æддейæ баззайа æмæ’дæм мауал æххæсса? Уый гæнæн нæй. Ба- фæлвар ма, дæ уд дуарæн æддейæ ныууадзын, дæ зæр- Дæйыл та дуæрттæ ныхгæнын. Ницы дын дзы рауайдзæн, мæ чызг, æмæ дæу тынгдæр хъæуы дæхи хизын. Дæу тох кæнын дæр дæхиимæ хъæуы æмæ дæ хизын дæр дæхи- *ией хъæуы дæхи. Уый дæ рох ма уæд...» — Æниу, цас сцыргъ кæнинаг у ацы надзахи? — æр- ЛæУуыд æмæ та кæсы надзахийы коммæ. — Иухатт Цæ- РУбайæ ссивынæй куы æрцæйцыдыстæм, уæд мын ма- х°н иуран къæдзæхдур фенын кодта. Цыдæр дзыгъуыр- г°нд уыд. Ай, дам, цыргъаг ссæн дур у. Сигæстæ, дам, 5- Къæбысты 3. 65
дзы аразынц. Хъуамæ дзы сæфдыдтаид, нæй, дам, нын сигæс æмæ, дам, дзы ахæссон. Æз ын æй нæ бауагътон. Фæллад уыд æмæ йын тæригъæд кодтон. Ныр æз фæл- лад нæ дæн. Куы бакусын, уæд дæр фæллад никуы бан- къарын. Ссæудзынæн иу бон æмæ дзы æрхæсдзыпæн. На- дзахи дæр дзы сæсдзынæн æмæ нын сигæс дæр уыдзæн. Махон куы æрцæуа æмæ хæдзары сигæс куы æрæййафа, уæд ма йын æхсызгон дæр уыдзæн. Ныр æй аздæхын кæй хъæуы, ууыл æппындæр дызæр- . дыг пал кодта æмæ фæстæмæ дæр нал фæхæцыд пæхи- уыл.^Атындзыдта сæхимæ. Цæмæй йын йæ фæсонæрхæг- мæ æндæргъуызон хъуыды мацыуал фæныхылдтанд, уый тыххæй йæхицæн афсон кодта: «Ныр изæр у. Афон- мæ зæронд дæр райхъал ис. Уæдта тыхстдæр у, уæд æз та мæ надзахийы тыххæй уынгты зилон? Мæхи удæн- цойыл кусон? Худинаг дæр у. Уым мæгуыр зæронд уд- хар кæна, æз та, цæмæй мын сом уистæ кæнгæйæ æнцон- дæр уа, цæмæй мæ надзахи хуыздæр лыг кæна, ууыл ку- сон? Уый раст хъуыды нæу. — Йæ зæрдæ барухс ис йæ ацы ныхæстæй æмæ уыцы дзæбæх, цыма йын йæ иадзахи исчи сыгъзæрин фæрæтæй баивта, ахæм æхсызгон зæр- дæйы уагимæ тындзыдта сæхимæ. Тагъддæр куы бахæц- цæ уаид, куыничи йыл амбæлид æмæ йæ ныхасмæ куы- ничи æруромид, уый йæ фæндыд, фæлæ хатт адæймаджы фæндтæ афтæ рауайынц, æмæ тынгдæр цæмæй фæтæрсы, раст ыл уыцы хъуыддаг æрцæуы. Доны фæндаг астæууынгмæ кæм æрбаиу вæййы, уым Цуцайыл хæрхæмбæлд фæцис Гæбæцион. Æгас хъæу хин æмæ кæлæнæй кæй тоиынц, тæрсгæ кæмæй кæнынц, уыцы Гæбæцион. Уый Цуцайы куы ауыдта, уæд рагацау йæ доны ведра фæсфæд æрæвæрдта æмæ йæхи дзурыпмæ æрцæттæ кодта. Цуца йæ цыд фæрогдæр кодта, тынг æнæвдæлон цыма у, йæхи ахæм хуызы акодта, фæлæ Гæ- бæцион, ахæмтæм чи бакæса æмæ сæ йæ зæрдæмæ чи айса, сылгоймæгты уыцы къордмæ иæ хяуы. — Æднадзахи лæбурæджы цыд куы æрбакæиыс, Цу- ца? —-худы йæ мидбылты, афтæмæй йæм дзуры Гæбæ- цион. — Кæмæ мæ цы лæбуринаг ис, — йæ иувæрсты фæ- цæпхызт, фæлæ йын уый бауайдзæф кодта. — Де зæр хорз зæгъын дæр мæм не ’мбæлы, гормон? Уый цыхуызæн æгомыгæй фæхизыс мæ рæзты? — Де зæр хорз, Гæбæцпон, — нæ йæм бакаст, афтæ- 66
мæй загъта Цуца æмæ ма йæ ныхасмæ афтыдта: — Хæрз изæр у, Гæбæцион. «Ай дын мæ къух, кæд нæ фæзондцух ис», — иуæр- дæм адзырдта ус æмæ Цуцайы размæ балæууыд: — Цæ- уылдæр мын буцтæ кæныс æмæ мын æй зæгъ, дæ судз- гæ мæрдты стæн. — Ницы дын буцтæ кæнын, нæ мæ æвдæлы... — Æмæ афтæ æнæвдæлонæй кæм уыдтæ уæдæ? Ацы-, рдыгæй дæ куы никуы федтон. Кæйонг уыдтæ? — Мæнæ Лексомæ мæ надзахи цыргъкæнынмæ бадав- тон. Уистæ ракæнын мæ хъæуы мæ кауæн æмæ... — Æмæ дын æй ацыргъ кодта... — О, ацыргъ кодта. Иæ цæрæнбон бирæ уæд... — Рæвдз у ахæмтæм Лексо, фæлæ, — бавнæлдта йын йæ надзахимæ. Райста йын æй йæ къухтæй. Æркаст æм: — ам цыргъгондæй куы ницы ис, — йæ хисдæр æн- гуылдзæй дауы надзахийы ком, кæсгæ та Цуцайы цæс- тытæм кæны. Уый стыхст. Йæхи цы фæкæна, уый пал зоны. — Æмбарын дæ, æмбарын, дæ нывонд фон, — уыцы сагъæсгъуызæй афтæ бакодта, эемæ Цуцайæн йæ. зæрдæ фæтæнæг. Уый афтæ æнхъæлдта, исты дзæбæх, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæмæй мын исты зæгъдзæн, зæгъгæ, фæлæ Гæбæцион искæй зæрдæ истæуыл, исты дзæбæхыл куы фæлæууын кæна, уæд уымæй йæхи зæрдæ та рисгæ фæкæны æмæ искæй зæрдæ рухс кæныны бæсты йæхи \дæн скæна æнцопдзинад! — æмбарын дæ, мæ уд, — дзуры дарддæр. — Афтæ фæцис нæ сылгоймагон хъыс- мæт æмæ йын цы кæнæм? Нæлгоймæгтæн кæддæриддæр зæрæстон хуымау сæ удты кæрæф дур æппарæн стæм æмæ сæ фæлидзæн дæр ыикæдæм ис. Уæлдайдæр та, ар- гъуц кæмæй кæной, науæд та тæрсгæ, ахæм нын нæ фарс- мæ куы ничиуал вæййы. Кæсыс ныр уыцы зæрондмæ? Зоны йæ, дæ сæрыл ничи сдзурдзæн æмæ цæуыл нæ хъуа- мæ асæрфтытæ кæна йæ зæбул рихитæ деттæ уыцы рæ- сУгъд былтыл дæ надзахи ссæггаг! Ды йын уым, æвæц- Нæгæн, йæ къух нæ сарæзтай æмæ дын дæ надзахи, куыд уыдис, афтæмæй рарвыста. — Цытæ дзурыс, чи дæ амард, уый стæн, Гæбæци- °п'? — йæ къухæй йын хъуамæ иадзахи ратыдтаид, фæ- л^ пыл уый дыууæ къухæй фидар ныххæпыд. — Фæлæу-ма, æз дын хъуыддагыл дзурын, ды та мæ ЛиДзгæ кæныс? Цæуылнæ дын сцыргъ кодта уæдæ дæ НаДзахи? '67
— Саучызг тынг рынчын у, — сдзырдта Цуца æмæ ныр æцæгæй ратыдта надзахи усы къухтæй. Ратыдта йæ æмæ фæлидзæг ис, фæлæ ма йæ уæддæр фæстейæ æрбай- йæфтой Гæбæционы худын æмæ дæрзæг ныхас: — Æцæгæй зондцух. Хи-хи-хи! Лексо йын йæ надзахи не сцыргъ кодта... Саучызг, дам, рынчын у. Ацу æмæ йæ ды бамбар. Кæм надзахи æмæ кæм рынчын сылгоймаг. Нæ, мæ уд, нæ! Уæддæр дзы никуыдæм аирвæздзынæ. Афтæ у нæлгоймæгтæн се ’рдзы конд: иугæр дæм нæ ко- мы баст суагъта, уæд дзы никуыдæмуал алидздзынæ. Уæлдайдæр, дæуау, алидзæндон куы никуы уа адæйма- гæн, уæд. Абон дзы ралыгътæ, райсом æм дæхи къахæй бацæудзынæ, мæ, уд, стырдæр хæрзиуæггур æмæ дзы уæд нал ралидздзынæ. Уæд дыл фæрахаф-бахаф кæндзæн йæ зæбул рихитæ, — Цуца цас цырддæр лыгъдис, уыйас тынгдæр æмбæлдысты ацы дзырдтæ пæ къæбутыл æмæ йæ ахауынмæ дæр бирæ нал хъуыд, ахæм хуызы бахæц- цæ ис сæхимæ. * * * Кæртмæ куы бахызт æмæ дуар йæ фæстæ куы æрбах- гæдта, ныр æй кæй ничиуал фендзæн, ууыл йæ зæрдæ куы фæдардта, уæд надзахи зæххыл ныццавта. Тынг зын ын уыд уый бакæнын, фæлæ йын афтæ нæ бакæнын та ноджы зындæр уыд æмæ надзахи зæххыл ныццавта. Ноджы ма йæ æлгъитгæ дæр фæкодта: «Иууыл дæр дæ азым сты адæттæ, конд хуымы дæ ссардæуа», — фел- гъыста йæ. Ныццавта, йæ зæххыл æмæ хъуамæ хæдзар- мæ алыгъдаит. Худæг куыд нæ сты ацы сылгоймæгтæ! Сæ алы маст дæр кæд ныхсынмæ фæхъавынц цæстысыгæй. Тынг иу- дарон сын у уыцы цæстысыг æмæ дзы сæ алы маст, сæ алы зындзинад дæр ныхсынмæ фæхъавынц. Ныр дæр хъуамæ Цуца бацыдаид хæдзармæ. Сынтæгыл дæлгом- мæ ныххаудаит æмæ йын Гæбæцион цы маст скодта, уый’йæ цæстысыгтæн аласын кодтаид, фæлæ йæ надзахи иæ ауагъта. Нæ йын радта уый бар. Надзахи зæххыл сыстад. Йæ иу къахыл. Куы йæ ’ ныццавта зæххыл, уæд æм уый хъыг фæкаст. Надзахи- мæ. Æмæ сыстад. Иæ иу къахыл сыстад æмæ фæдзырдта Цуцамæ. — Фæлæу-ма, æфсымæр, — афтæ иæ схуыдта «&фсы- 68
мæр». Æмæ уый тынг зын уыдис Цуцайæн. Æфсымæр æй кæй схуыдта, уый йын тынг зын уыдис. «Æвæццæгæн æм, æцæг, сылгоймагæн æвналын не ’мбæлы æмæ мæ æфсымæр уый тыххæй схуыдта», — йæ зæрдæмæ йын фæныхылдта ахæм хъуыды, фæлæ ууыл дæр нæ аирвæзт. — Цы фæазымджын дæн æз дæ разы, Цуца? — ныу- уырдыг æм нс надзахи. — Зæгъ мын æй, цы фæазым- джын дæн? Хæст æз бацырын кодтон, мыййаг? Мыййаг дын дæ лæджы хæстмæ æз аксдтон? Æмæ уыцы лæджы æз дæуæй фылдæр куы уарзтон. Æз дзы фылдæр куы зи- ан кæнын. Ды адæймаг дæ. Рацу-бацу кæныс. Нæдæр дыл згæ хæцы, ничидæр дын дæ ком дуртыл хойы. Æз та дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр дæн надзахи. Мæнмæ згæ дæр ныхилы, æмæ..мын ды та мæ ком дуртыл æмæ зæххыл хойыс. Уый къухы мæ комыл иу цъула дæр никуы уыд, ныр ма мæм æркæс. Æмæ йæм æркаст. Тыргъæй фæстæмæ фездæхт. Систа надзахи йæ къухмæ. Æркаст ын йæ коммæ æмæ... Надзахийы ком цы дурыл æрныдзæвд, уымæ дæр нык- каст. Уымæн йæ цæф зæронд цæфы ныуæсау урсæй зынд, надзахийы ком та цъула фæцис. — Æй, мæ сæр дьиькуыд амард! — ныхъхъынцъым кодта Цуца. Надзахийы йæ риумæ тынг нылхъывта. Уый йæ уаз.ал рус бакъул кодта Цуцайы риуыл. Усæн йæтæк- кæ дзидзимæ бахъардта уыцы æнæадуазал. Уый кодта мæрдон ад. Уыцы уазал. Мæрдон ад кодта уыцы уазал æмæ Цуцайæп йæ зæрдæ та хъарм бацис. Йæ уæрджытæ куыд донзоныг кæнынц æмæ йæ уыцы бынатæй кæй ли- куыдæмуал ахæсдзысты, уый базыдта. Надзахи аппарын æй фæндыд. Уый ныффæрск. ч Надзахи. Усы зæрдæйы хъарм цыма æхсызгон уыд йæ мæрдон адгæнæг русæн, уыйау йæхи æнгомдæр балхъывта уыцы хъарм дзидзи- мæ. «Æвæццæгæн æй мæн амарын фæнды, цæмæй йын йæ ком дуртыл мауал хойон...» — ферттывта ма Цуцайы сæры, стæй... * * * Госæмæ хæрамзæрдæ уыд Гæбæцион. Тынг мæсты йæм уыд æмæ йын йæ цæстыдзаг куы фенид, уымæ куыв- 69
та йæ доны къусæй дæр. Ибон ын бафидис кодта Госæ æмæ йæм уый тыххæй хæрам у. «Æниу, мæхи аххос вæййы, — уырдыгæй куы рацыд Гæбæцион, уæд йæхимæ хæцыд. — Уадз сæ æмæ сæ цæ- рæнбонты дæр мацы-фехъусæнт, æвзæр гадзатæ. Æз цы диссæгтæ фехъусын, уыдон мæ каркæн, науæд мæ иу- вæдæгон сæгъæн куы фæдзурын, уæддæр мæм байхъу- сынц æмæ мæнæн мæ уд æрулæфы. Уыдонæн сæ сæгътæ, науæд сæ кæрчытæ кæд ног хабæрттæ нæ радзурдзысты, уæд сыл... табу уæ фарнæн, фæлæ...» — афтæ цæхæртæ калгæ бахæццæ ис сæхимæ Гæбæцион. Æниу, се ’хсæн ахæмæй дæр ницы уыд, фæлæ Госæ йæхи «тыхус» кæй кæны, уый хъыг фæкæсы Гæбæцион- мæ. Æз дæр, дам, мæ мадæн чызгæн райгуырдтæн æмæ, дам, ацы хъæумæ та чындзы номыл æрцыдтæн. Æмæ уый æцæг раст у, фæлæ йын уæддæр Госæ цыдæртæ нæ фæ- бары. Афтæмæй та канд Тыны хъæуы нæ, фæлæ æгас ко- мы хабæрттæ дæр фыццаг Гæбæцион фехъусы, адæм та сæ уымæй фехъусынц. Иу бон Гæбæцион хъæды калакъодатæ тонынмæ уыд иунæгæй. Иунæгæй кæй уыд, ууыл ын алчи дæр баууæн- дыд, уымæн æмæ уыцы бон æгас хъæуы устытæ колхозы фермæйы цур уыдысты, ’ рæбыны хуымтæм фаджыс ластой æмæ дзы чидæр иурæстæджы афтæ бафарста кæй- дæр, цымæ, дам, нæ фидиуæг та кæм ис? Ныр ма изæ- рæй суадоны цурмæ калакъодатæ куы рахаста, уæд ын куыд н’æ хъуамæ баууæндыдаиккой, фæсрагъы хъæды кæй уыд, ууыл: уыцы афон калакъода æндæр никуы за- йы. Гæбæцион калакъодатæ уымæн рахаста, цæмæй, кæм уыд, уып сæ бауырна æмæ йын йæ ныхасыл æнцонæй баууæндой. Æмæ ракодта ахæм цау: — Ныр дæр та уæ ма бауырнæд, зæххыл стыр дис- сæгтæ кæй ис, уый. — Хъæды кæй уыд, ууыл ын куы бау- уæндыдысты, уæд йæ цæнгтæ йæ риутыл дзуарæвæрд акодта, йæ рахис къах иннæмæй чысыл раздæр айста æмæ уыцы бæзджын хъæлæсæй загъта Гæбæцион. Загъ- та æмæ йæ хурсыгъд цæсгом фырæхсызгондзинадæй ху- рау худт, афтæмæй æнхъæлмæ каст, цавæр диссаг фехъуыста, уымæй йæ кæд чи афæрсдзæн, уымæ. Иу- дзæвгар æй куы ничи фарста, уæд йæ цæсгомæй уыцы худгæ хур фæцæйныгуылд, фæлæ йын нæ аныгуылд. Ты- ,ны хъæуы устытæй ахæмтæ ис, уыцы хуры кæцæй кæса æмæ худа, уым æй æрдæг æхсæвмæ дæр чи фæдара. 70
— Цавæр хабар фехъуыстай, дæ судзгæ мæрдты- стæн? — цымыдисæй йæ афарста иу фыдцъылыс ус. — Абон мыл фæсрагъ амбæлд Уæллаг хъæуккаг ус. Дзæбæх, хæрзæгъдау сылгоймаг у. Гогаты чындз. Гъе, æмæ мын уыцы Гогаты чындз стыр диссæгтæ фæдзырд- та. Уырнгæ дæр мæ нæ кодтой, фæлæ мын йæ хъæбултæй фæсомытæ кодта, кæд, дам, дын æз мæнг зæгъын. Хабар, дам, кæуыл æрцыд, æцæг, дам, ыл цæугæ бирæ ницы æр- кодта, фæлæ æрцæуинаг кæуыл у, уый, дам, йæ бæлццон хъæбулы баныгæдта, кæд, дам, æцæгæй афтæ нæ уыд. Цæвиттон, уыцы ус, хабар кæуыл хъуамæ æрцæуа, уый хъæугæрон хибарæй цæры. У, дам, тынг хæрзконд идæдз. Фæлæ, дам, йæхæдæг дæр раст уæйыджы йас у. Гъе æмæ, дам, мæм иу æхсæв кæд æрбацыд уæйыг... Дæ-дæ-дæй, ме уæнгтæ ныррызтысты, — хуылыдз фысау йæхи ба- уыгъта Гæбæцион, цæмæй иннæтæм дæр бахъара йæ ны- хæсты тæссагдзинад, стæй дзырдта дарддæр: — раст, дам, йæ фадхъулмæ æххæстæн уыцы уæйыгæн æмæ, дам, мын афтæ, дæхицæн, дам, мæ хæзгул скæн æмæ, дам, дæ цыдæриддæр хъæуы, уый, дам, мæнæй агур. Æз, дам, дзы тæрсгæ дæр куыд нæ кодтон, фæлæ, дам, æм уæддæр бауæндыдтæн, чердæм дæ схæзгул кæнон, мæнæ дæ иу æнгуылдзы йас йеттæмæ куы иæ дæн, уæд? Уымæн, дам, ницы у, мах, дам, базондзыстæм цæрын, кæд, дам, мып сразы уай, уæд. Ныр уал, дам, ахъуыды кæн. Тыхæп, дам, дын ницы аразын, уымæн æмæ, дам, рагæй цæуыс мæ зæрдæмæ. Уый адыл, дам, ацыд æмæ та, дам, мæнæ ин- нæ майрæм æхсæвы æрцæудзæн. Бафæдзæхста, дам, нын, цæмæй æхсæвы йæ фæсхæдзар фæрссаггæрон æдсагæйт- тæ лæууæм. Уæдта, дам, мын тыхæй исты... — Æмæ бауæндыдысты, уæйыг кæм ис, уыцы хæдза- ры цурмæ? — иу ус та афарста Гæбæционы, дзырд куы фæцис, уæд. — Нæлгоймаг цавæрфæнды уæйыг уæд, сылгоймагæн дзы ницы тас у. Уый йæ фæлмæн ныхæстæй дæр арвит- дзæн, — йæ къух ауыгъта Гæбæцион æмæ йæм уæд Госæ дæр нал фæлæууыд. Иæ цæнгтæ йыл сынты базыртау сцагъта æмæ афтæ зæгъы: — Æ, уыцы уæйыджы бын баст æрцæуай, Гæбæцион, кæд гæдыныхасæй цы æнхъæл дæ. Стæй сылгоймæгтæм Дæр æмæ нæлгоймæгтæм дæр дæхи æмæ дæ магуса лæ- джы цæстæй цæмæн кæсыс, цымæ? Ацы ныхæстæ Гæбæционæн карды рæхуыстау уыдысты ^мæ йын нæ уыд ныббаринаг, фæлæ йæм нæ бауæндыд. 71
Йæхи йæм æгæр фæхъæрццыгъагъуыз кодта æмæ... Æмæ йын уæдæй нырм^ исты маст скæнынмæ хъавы. Ныр Цу- ца уыцы цæхæртæкалгæйæ куы азгъордта, уæд Гæбæци- он йæ амонæн æнгуылдз йæ былтыл авæрдта: —«Агъæд- ма, уый мын мæ лæджы кой куы ракодта. Æмæ мæ лæгæй кæд цы айхъуыст! Уæд мыл...» — хæдзармæ атындзыдта, цæмæй рæстæгыл доны цурмæ ацæуа. Ныр та уый дæр уым уыдзæн... Нæ фæрæдыд Гæбæцион: уым разынд Госæ æцæгæй- дæр. Æмæ Гæбæционæн йæ зæрдæ хуры фарсмæ абад- тис, мæгуыр. Æмæ уыцы ^ур ныххудт йæ хурсыгъд цæс- гомæй. Фырцинæй худт йæ цæсгом хурау. Хъæуы устытæ иууылдæр тымбылæй уыдысты уым. Æмæ ныртæккæ Гæ- бæцион йæ иу гæрахæй рафæлдахдзæн дыууæ дынджыр тæрхъусы: йе знагæн зæгъдзæн, йæ цæсты дзаг маст ын кæмæй фена, ахæм ныхæстæ .æмæ хъæуькиннæ устытæн та зæгъдзæн, нырмæ кфй нт'куыма фехъуыстой, ахæм диссаджы хабар... Æм«. раздæр уыцыиу сгуыппæй-фæ- кæнинаг уыд уыцы гæрах, фæлæ стæй ахъуыды кодта: «Сылгоймагæн.уыцы æвиппайды кæй саразай, уыцы хъуыддагæй кæд банкъардта фаг æхцондзинад дæр æмæ маст дæр? Мæхæдæг сылгоймаг куы дæн, уæд уыдæттæ дæр нал зонын? Хъуамæ йæ раздæр бацæттæ кæнай, ху- даг уæргъуынау. Иæ зæрдæ, йæ уд æмæ йын йæ буэр, цæхæртæ куыд акалой, ахæм тæвд скæнай æмæ йæм стæй кæцæй фæнды фæныхил: æхцондзинад дæр æмæ маст дæр банкъары, йæ уды монцты кæхц йæ былтæй куыд акæлы, уый бæрц».—Æмæ ацы хъуыдыйæ йæхи æрсындæг кодта. Уыцы уæззау къахдзæфтæй бацыд Го- сæйырдæм, хылгæнаг галау, тызмæгæй кæсгæйæ. Уый йæ исдуг ницæмæ æрдардта, фæлæ æгæр-æгæр куы кодта, уæд æм нал фæлæууыд æмæ йыл фæхъæр ласта: • — Цы мæм ныббика кодтай дæхи, нæ гуыбырсыкъа галау?! Уый дæр искæй галимæ хылракъахинаг куы вæй- йы, уæд æм афтæ фæбика кæны йæхи... — Æмæ дæм кæд æцæгæй лæбургæ æрбакодтон, уæд- дæр æй нырма цæмæй зоныс? — ныр æм йе ’ргом дзæбæх фездæхта уый дæр. Госæ уыцы парахат худт ныккодта æмæ, цыма куы фæдуда, уымæй тарст, уыйау устытæй кæйдæр уæхскыл йæхи бакъул кодта æмæ йæм уырды- гæй бадзырдта: — Æй, уæд мын дæ сæры хъæбæртæй фæхъæрзай, кæ’д ды, мæнмæ хылмæ куы уæндис, уæд мæ искуы хиба- рæй бацагурис. Ам цы? Æлгъыстытæ æмæ ма фидистæй 72 I
хылтæй не ’взæгтæ ихсигæ дæр куы бакодтой. Ныр та, иу- гæр кусгæ лæгтау кæнæм, уæд хыл дæр лæгтау — цæнг- дыхæй. — Дæ лæг дæр дзæбæх хыл кæны хъæуы æвзонгдæр идæдзтимæ, цæнгдых нæ, фæлæ рихидыхæй, — нал басас- та йæхи Гæбæцион дæр æмæ уал дæлгоммæ фæлдæхтæй æрæвæрдта йæ ныхасаг устыты раз: — Цы дам, цы? — Госæ йæхи байвæзта Гæбæционмæ, фæлæ уый йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта. Æмæ уый канд Госæмæ нæ, фæлæ иннæ устытæм дæр тынг дпссаг фæкаст: ау, уыцы тæппуд куыд фæлæууыд, æдзух цæнгдыхæй хылмæ йæ гæрзтæ чи бæтты, уыцы Госæны ныхмæ? Цæмæй зыдтой, ныртæккæ уымæн йæ фæснах ца- вæр хæцæнгарз æмбæхст ис, уый, фæлæ йæ куы равдыс- та, уæд ма дзы сæхæдæг дæр фæтарстысты. Гæбæционæй. — Цы, дам, цы, уæртæ уыцы/мæгуыр идæдз ахæм цæ- хæртæкалгæ фæтындзы ’сæ ■-?«у%,">япмæ æднадзахи, æмæ’ йæхицæн исты фыдбылыз куы ракйна, уымæй дæр ын тас у, фæлæ атындз æмæ йæ уымæй уæддæр баиргъæв. Чи зоны ма уæд дæ лæг Сыбырмæ æнæ ахæсгæйæ баззайа,, — нырма уæддæр æххæст не сфæлдæхта йæ зæгъинаг Гæ- бæцион æмæ устытæ, сæ къухтæ æмæ сæ сæртæ ницыæм- барæджы хуызы змæлын кæнгæйæ, кæрæдзимæ ракæс- бакæс кодтой, Госæ та бынтон фæсæццæ. Æцæгæй йæм фидар хæцæнгарзимæ кæй æрбалæбурдта тохмæ, уый æнкъары: науæд афтæ фидар нæ фæлæууыдаид йæ ных- мæ, фæлæ цавæр у уыцы хæцæнгарз, уый йæ мидхъуыды- йы асгæрстытæ кодта æмæ дзы куы ницы ссардта, уæд Гæбæционы йæ габазæй рацахста æмæ йын комкоммæ йæ цъæх цæстытæм ныккаст: — Комкоммæ зæгъ дæ ’ зæгъинаг, гадза, науæд дæ ныртæккæ ныххурх кæндзынæн. — Æцæг, чъиуæууилæгау цы кæныс?-—ноджы ма йæм иннæтæй дæр чидæртæ феххæлд. — Кæд дæм исты зæгъинаг ис, уæд æй зæгъ. — Ис мæм зæгъинаг, науæд мæ мæ дзых нæ хæры, — йæ цонг расæрибар кодта ус æмæ иуæрдæм алæууыд, ал- кæмæ дæр дзæбæх куыд зындаид, афтæ: — чысыл раз- Дæр уæлæсыхæй æрцæйцыдтæн. Тæккæ дзуары раз хæрх- ^мбæлд фæдæн Дзылыты идæдз чындзыл. Уый ахæм цæ- хæртæ калгæ æрбацæйуад, раст цыма Куырдалæгоны куынцы бынæй ратахт. Кæм уыдтæ, зæгъын, уыцы тыхст- хуызæй кæцæй цæуыс? Мæнæ, дам, Лексотæм уыдтæн. Йæ ном зæгъынæй дæр ын нал фæуисæн кодта. Æмæ 73
•сæм цы агуырдтай, зæгъын? Мæнæ, дам, æм мæ надзахн ацыргъ кæнынмæ бадавтоц,—дзырдта, йæ кæуын ты- лæй уромгæйæ. Æмæ дын æй ацыргъ кодта? О, ацыргъ, дам, мын æй кодта, йæхæдæг иыккуыдта æмæ фæцæй лыгъд, фæлæ та йæ фæурæдтон. Йæ къухæй йыы надзахи райстон æмæ йæ ком сигæсы хъæстæ нæдæр уыд. Цы ха- бар у, зæгъын? Æнæраны ми, дам, мæ домдта мæ иадзахи ацыргъгæнæггаг. Ныр бынтон нал баурæдта йæ кæуын æмæ æхст нæмыджы тахт акодта сæхирдæм. Йæ надза- хи ма йын уæддæр куы байстаин. Р1æхицæн дзы... — Æ, уæд дын макуыуал мацы баззайа, ацы дзæгъæл- дзых! — йæхи та йæм байвæзта, фæлæ та уый дæр нæ фæтыхст... — Йæ лæг хъæуы æвзонг идæдзтæм йæ зæбул рихи- тæй кæмæн фыззы, уымæн макуыуал мачи баззайад. Æз кæмæн цы кæнын? — Ныртæккæ мæ разæй цæугæ уыцы усмæ æмæ уæ æз æрæмдзых кæнон, — йæ габазæй та йæ рацахста Го- сæ æмæ йæ аласта Дзылытырдæм. — Мæн æм цæмæ кæныс? Ацу, æмæ ма кæд удмидæг ис, уæд æй баиргъæв. Адæмыл ма ныхъхъæр кæнæд уы- цы худинаг, науæд нын нæ хъæуккаг хойраг ничиуал ба- дæрдзæн, — йæхи фæстæмæ ивæзта Гæбæцион, фæлæ Госæ уыдæттыл нал уыд: скъæфта йæ размæ. Уый базыд- та йæ мæгуыры бон æмæ ма йе ’взагмæ дæндагæн лæ- бурдта, цæмæн афтæ сцæхджын кодтай хъуыддаг, зæгъ- гæ, фæлæ ма йын уый цы баххуыс кодтаид?.. Æмæ хъæ- уы устытæ иууылдæр сæ фæдыл ацыдысты. Ахæм диссаг фехъусын æмæ феныньт фадатæй йæхи фæстæмæ чи фæ- урæдтаид?! Цыдысты æмæ цыдысты уыцы устытæ!.. Æ, уæ мад макуы амæла, уыцы диссаг фехъусынмондаг устытæ! Мæнæ, хъазы лæппынтæ куыд арæгъ вæййынц, афтæ арæгъ сты Гæбæцион æмæ Госæйы фæстæ. Дзырд, дам, хæйрæджы нæ уырны, æндæр адæпма- джы куыднæ хъуамæ бауырна? Госæ раджы рацыд хæ- дзарæй. Иæ ведра доны цур ныууагъта æмæ уæлæсых- мæ ацыд цавæрдæр æхсызгон хъуыддаджы фæдыл. Фæс- тæмæ куы раздæхон, уæд, зæгъгæ, дон дæр айсдзынæн мемæ, æмæ дын уый йæ митæ! А-ныр йæ ведра бавæра донмæ, афтæ æрбахæццæ ис Гæбæцион дæр йæ фыдуа- Цимæ. «Ацы бонты мæм цыдæр къулбадæггонд зынд, — Гæ- бæционы фæрсты (куы йын алидза, уымæй йын тарст) 74
цыд æмæ хъуыды кодта Госæ. — Йæ мидбылты-иу хатт уыцы дæлтъур худт бакодта. Фæныхылдта-иу мæм æнæ- раны рæтты, лæппуйæ-иу куыд кодта, афтæ. Кæд æм, мыййаг, уыцы кары æнкъарæнтæй исты фæзыид æмæ æрыгон сылгоймагмæ бахъазыд йæ зæрдæ? Ацы пæлыс- тæгæн сæ туджы хатт афтæ у æнæуый дæр: кæд сабух- дзæн, уый чи зоны?..» Ноджы уыцы хъуыдытæй йæ/зæрДæйы маст сцырын ис æмæ хъуамæ цæгъдæджы мидæг бауыдаид Цуцаты кæрты, фæлæ дуар йæ ныхмæ фæлæууыд. Фæлæууыд дуар йæ ныхмæ æмæ йæм тынг рамæсты ис: — Судзгæ мæрдты фæстæ æхгæд æрцу, кæд дæ сындз- æхгæд цы ныккодта, — карз æлгъыст ракодта æмæ фыц- цаг тымбыл къухæй, стæй къахæй фæцæф кодта дуары, фæлæ уый читт дæр нæ фæккодта. Уый нæ, фæлæ йыл цыма йæ фæйнæджы зыхъхъыртæй худт æмæ дзы хын- джылæг скъæрдта, ахæм хуыз дæр æм дзы разынд æмæ йæ уæд тынг ныууыгъта. — Бакæн дуар, цалынмæ дын. æй лыстæг згъæлæн нæ ныккодтон, уæдмæ! — хъæр кæны, фæлæ йæ хъуыдыгæ- наг никæцæй ис æмæ уæд сгæпп кодта, дуары фарсмæ цы бадæн арæзт уыд, уымæ, æз йæ сæрты дæр бахиздзынæп, зæгъгæ, афтæ æрдхъирæнтæгæнгæ. Фæлæ нæ бахызт дуары сæрты. Куыддæр йæ сæр æм- бондæй чысыл фæуæлдæр ис, афтæ ныцъцъæхахст ласта. Цыма йын исчи-мидæгырдыгæй йæ зæрдæпы кард фæ- сагъта, уый хъыллист ныккодта æмæ фæстæмæ рахауд. Хорз уыд æмæ йæ устытæ ацахстой, науæд йæ сæр дурмæ истæмæ куы ахастаид, уæд налдæр йæ лæджы хъуыддæг- тæ базыдтаид æмæ йын налдæр Гæбæционæн смаст кæ- нын бантыстаид, кæд та фылдæр хатт куыд вæййы, афтæ мæнгæй æрымысыд, уæд. Устытæ йæ бандоныл дæргъæй æрæвæрдтой. Чидæр сыхæгтæй дон раскъæфта. Æркалдтой йыл дзы, йæ цæнг- тæ, йæ риутæ йын аууæрстой æмæ æрчъицыдта. Ракаст йæ цæстæй, стæй рабадт æмæ уыцы фæлвых хъæлæсæй сдзырдтаг — Амардта йæхи... Уыцы дыууæ дзырды устыты зæрдæты баст райхæлд- той æмæ нæ æз фæраздæронæй ныхъхъарæг кодтой. Уы- Цы хъарæгмæ сыхæгты къаннæг лæппу ралыгъд. Æмбон- Ды сæрты багæпп кодта æмæ дуар мидæгæй байгом код- та. Устытæ та ам дæр нæ лæвæрдтой кæрæдзийæн ра- Зьт бар æмæ ныццæхгæр сты дуарыл, фæлæ, æппынфæс- 75
таг, иууылдæр баирвæзтысты мидæмæ æмæ амбырд сты «мардыл», фæлæ йын чидæр йæ риуыл йæ къух азæрд- та æмæ фæхъæр ласта: - — Удæгас у нырма! Дон раскъæфут æмæ йæ æрчъи- цын кæнæм... Чидæр ын, йæ риумæ æлхъывдæй кæуыл хæцыд, уьь цы надзахи арæхстгай райста йæ къухтæй, йæ коммæ йыь аивæй æркаст æмæ хъарæггæнæгау бакодта: — Æцæг, цыргъ кæнинаг куы у ацы надзахи. Æ, йе- гæр фæкала уыцы лæг дæр, кæд надзахи цыргъгæнæггаг хихъæуккаг идæдзæн ахæм митæ ничи кæны. — Дæ дзых бауром! — фæхъæр ыл кодта чидæр.— Ыоджы йын æй йæ зæрдыл ма лæууын кæн, иауæд йæ зæрдæ бынтондæрр аскъуыйдзæн. Ацы ныхæстæ Госæйы фелхыскъ кæныны тыххæй кæй уыдысты, уый бæргæ зыдта, фæлæ йын нырма ницы дзу- рæн уыд æмæ сын фæрæзта. Ие взагыл дæндагæй ных- хæцыд æмæ быхста. Зæрдиагæй архайдта Цуцайы æр- чъицын кæныныл. Æппын фæстаг æрчъицыдта Цуца. Йæ цæстытæ бай- гом кодта æмæ сæ уыцы тарстгъуызæп ахаста устытыл. Цыма йæм марынмæ æрбалæбурдтой æмæ се ’хсæн, йæ сæрыл чи рахæца, ныфс кæмæй авæра, ахæм агуырдта, уыйау дзы алкæмæ дæр каст лыстæг. Иæ цæстæнгас иу- æй иннæмæ æргъæвта сындæг. Исæгау скодтой Цуцайы. Бæласы бын цы даргъ бан- дон уыд, ууыл æй æрбадын кодтой. Ноджы ма йæм иу- дзæвгар бапхъæлмæ кастысты, стæй йæ Госæ уыцы арæхстгай бафарста: — Дæ дард бæлццоны стæн, ды раст куынæ зæгъай, куыд æмæ цы уыдис, уый. Цуца ма иудзæвгар йæ цæстытæ фæраргъæв-баргъæв кодта иуæй-иннæмæ, стæй хъæрзгæйæ сдзырдта: — Йæ уадул мын мæнæ ам, (йæ риутыл уæлæрдыгæй æруагъта йæ къух) уыцы дзæбæх æрæвæрдта. (Устытæ цыдæр æнæнцой тæлфт скодтой.) Уазал уыд йæ рус. Æмæ уыцы уазал та цыдæр мæрдон тæф кодта. Мæнæн зын уыд, фæлæ йын айстаин йæ рус... Йæ уазал мæрдон тæф кæмæн кодта, уыцы рус айстаин, уый тых мæм нал уыд. Иæхи мæм тынгæй тынгдæр æлхъывта... — Гъеныр, дæуæрдыгæй кæй бауырна, уый хæрджы- ты бын баст æрцæуæд! — ацы ныхæстæ ма Госæиæн зæр- дæскъуынынæн загъта Гæбæцион æмæ лидзæгау акодта 76
уынгæй, мыйнаг мæ, зæгъгæ, куы расура æмæ йæ маст мæныл куы ныккала. Фæлæ Госæйы уый расурыны мæт нал уыд. Цуцайы ма йæ зæрды бафæрсын уыд, чи дын æруагъта дæ риуыл йæ уадул, зæгъгæ, фæлæ ма фыддæр истытæ куы фехъу- са, уымæй тарст æмæ... Зынаргъ слæууыд Лексойæн, мæгуыр, уыцы фыдбой- наджы дам-дум. Тынг зынаргъ ын слæууыд Ирон æгъ- дау, ирон фсæрм йæ мады æхсыримæ чи бадатта, йæ туджы кæмæн ахъардтой æмæ сæ къаннæг лæппуйæ зæ- ры кары онг йæ уд æмæ йæ зæрдæйы уыцы хъармæй чи фæхаста, уыцы лæгæн сæ хъуамæ ныр счъизи чындæуа, хъуамæ йын сыл уазал дон аскъæрой! Æмæ нæ бафæ- рæзта. Нæ бафæрæзта, ирон æгъдау æмæ æфсарм пæ- рæнбонты уыцы хъарм ран æфснайдæй чи фæхаста, уы- цы зæрдæ. Нынкъуыстис, ныррызтис æмæ тулдз бæласы хуызæн лæг рафæлдæхт: ныллæг æртыкъахоныл бадт æмæ сыстын дæр нал бафæрæзта. Ахауд фæстæмæ æмæ зæххыл уæлгоммæ фæлдæхтæй баззад. Ус нырдиаг лас- та, фæдисы хъæр ’ныккодта æмæ ма сыхы, стæй хъæу- бæсты цы ацæргæ лæгтæ уыд, уыдон æрбамбырд сты. Ивазгæ къахдзæфтæй æрбацыд Лексойæн йæхи æмгар, йæ иууыл хуыздæр хæлар Дзуба. Йæ иу къухы арахъхъы дурын, иннæмæй йæ сæр хойы æмæ кæуынхъæлæсæй дзу- ры: — О, æмæ йæм цы рауад уыцы æнæнхъæлæджы? Рай- сомæй нырмæ ам иумæ бадæм, тæбынгтæ арæзтам. Дзæ- бæх, хъæлдзæг уыдис. Ницæмæй дæр хъæрзгæ кодта. Мæнæ ацы уысм ауадтæн нæхимæ. Хъуамæ иумæ ахорд- таиккам къæбæр æмæ, зæгъын, пе ’фсины арахъхъæй иу чысыл рахæссон. (Ам фæхъуыды кодта, дурын нырма дæр йæ къухы кæй ис, уый &мæ йæ фалдæр куыфы ми- дæг æрæвæрдта.) Фæлтау мæ уæраг куы асастаид. Фæлæ цæмæй хæйрæг уыдтæн, æмæ дзырды бæрцмæ ахæм фыд- былызтæ æрцæудзæи? Кæртмæ куы бахызтæн, уæд ма иу каст фæкодтон æмæ чындз дæр раст уæд æрбахæццæ ис мæнæ сæхимæ... «Саубон мыл куыд æркодта, — йæхинымæръ} йæхи хæры Госæ. — Цыдæр хинтæ та мын скодта уыцы налат. Кæд райсомæй нырмæ дыууæ зæронды иумæ бадынц, уæд ма уыцы ус та кæд хъуамæ уыдаид ам? Æ, дæ хуыз- дæрты быныл баззайай, Гæбæцион, кæд мын цæй фыдбы- -лызтæ ацарæзтай». Лæгтæ систой Лексойы, сынтæджы йæ сабыргай æр- 77
уагътой. Иæ зæрдæ нырма тæпп-тæпп кодта æмæ пын йе ’гънæджытæ суагътой. Уазал донæй йын йæ риу, йæ цæнгтæ феууæрстой æмæ йæ улæфт фæсæрæндæр ис. Ноджы йын йæ ныхыл хуылыдз хæцъйл æрæвæрдтой æмæ... Госæ, мæгуыр, æрттæдæлармæй бадт пæ лæджы нывæрзæны ’рдыгæй æмæ фæсусæй куыдта. Лæгтæ йып уайдзæфтæ кодтой, рынчынæн ноджы йæ зæрдæ ма рис- сын кæн, зæгъгæ, фæлæ йæхи иæ урæдта. Иу рæстæджы къæсæрæй æрбакаст Госæйы файнуст æмæ йæм къухæй ацамыдта, æддæмæ ма рацу, зæгъгæ.- — Æ, саубон æркæна уыцы налатыл, кæд цы тугтæ фæмысыд мæгуыр идæдз æмæ зæронд лæгыл, — иуварс акодта Госæйы æмæ йын дзырдта ныллæг хъæлæсæй. — Куыд тугтæ? — æнæмбарæджы каст æм бакодта Госæ. — Йæхи дзæбæх куы æрæмбæрста уыцы мæгуыр ус, уæд радзырдта, зæгъгæ, надзахи æцæгæй фæцæйхаста цыргъ кæнынмæ нæ лæппумæ, фæлæ, дам, мæ цæсгом нал бахъæцыд æмæ, дам, æрдæгвæндагæй раздæхтæп. Фæндагыл, дам, мыл Гæбæцион фем.бæлд æмæ, дам, мын алывыдтæ фæдзырдта. Æз ма, дам, кæртмæ тыхæй æр- баирвæзтæн. Ам. дам,. мæ цæстытæ атарытæ сты. Мæ ра- зы, дам, махоны æндæрг февзæрд. Уый, дам, мын мæ ри- уыл йæ уадул æрæвæрдта. Æз, дам, дзы мæхи тыдтон, фæлæ, дам, мæ не ’суагъта, стæй, дам, ’цы фæдæн, уый нал базыдтон. — Æ, йæ бындур ныззила! — пæхи тыхæй уромгæйæ нынниудта Госæ. — Мæнæн мæ сæр дурæй-дурмæ сæтти- наг у. Зонын уыцы къахбайы, уæддæр ын баууæндыдтæн йæ кæлæн æвзагыл æмæ мæхи бабын кодтон. Мæхи къу- хæй амардтон мæ хæдзардарæджы... — Куыд у, куы ныр? — йæ дзырд ып фескъуыдта пæ файнуст. — Йæ улæфт фенцопдæр пс, фæлæ цы бæрæг ис. Райо- ны дохтырмæ дæр тæргæ бæхыл бæргæ арвыстой, кæд... — йæ кæуындзæг æй хурх кодта æмæ йæ йæ фай- нуст дæр хынцфарст нал кодта. Зæронд куы сыстад,,уæд йæ уæнгтæ уыцы дзæбæх рæ- уæгæй систа. Иæ зæрдæ хæрын дæр æрцагуырдта æмæ 78
йын æхсызгон уыд. Къуымты азылд. Арынгмæ ныккаст. Хъæбæрхоры кæрдзынтæ, цыма кæрæдзимæ истæуыл хæ- рам фесты, уыйау арынджы æртæ къуымы уыцы æнцад лæууыдысты. Зæронд сыл кæрæдзимæ æрбахæцыд. — Иунæгæй цæрын уæддæр зын у. Адæм дæр æмæ кæрдзынтæ дæр хъуамæ кæрæдзимæ хæстæгдæр лæууой, хъуамæ кæрæдзийыл дзойæ цæрой. Кæрæдзийæн хъуамæ уайдзæфтæ ма кæной. Кæрдзынтæй иу систа. Хъуамæ йын йæ былæй расас* таид. Хæцгæ дæр ыл æркодта, фæлæ йæ стæй ныууагъ- та. — Мæ зæронд ихсыд мылытæ ма цы ратондзысты ацы хъæбæрæй? Цæй, хъæрмхуыпп саразон, стæй Цуца куы ’рбацæуа, уæд иумæ бахæрдзыстæм. Æнæуый дæр ын æхсызгон уыдзæн, мæ къахыл кæй слæууыдтæи æмæ ма ноджы хъæрмхуыпп саразынхъом дæр кæй фæдæн, уый. — Кæрдзын нывæрдта фæстæмæ. Æрæхгæдта арынджы дуар. Агтæ кæм сты, уырдæм бацыд. Систа дзы иу. Сыгъдæгæй æвæрд уыдысты æви нæ, уый йæ зæрдыл нал лæууыд æмæ сæм куы фæцæйцыд, уæд йæ- хинымæры бакатай кодта, мыййаг мæм, зæгъгæ, аг ных- сын æмæ уый фæстæ та хæринаг саразыны фаг хъару куынæ разына. Æмæ аг сыгъдæг кæй уыд, ууыл бацин кодта. — Цымæ сæ мæхæдæг ныхсадтон æви Цуца? — ба- фарста йæхи, фæлæ йæм дзуапп нæ разынд. — Цæй, кæд Цуца уыд, уæд уымæн дæр ницы у, уыйхыгъд ын æз та хъарм хæринаг сцæттæ кæндзынæн йе ’рбацыдмæ. Чи зоны, фæйнæ сыкъайы арахъ дæр баназæм. Цымæ абон циу? Æммыст, исты бæрæг æхсæв куы уаид, уæд нæ бæлц- цæттæн фæкувиккам, æниу... Фæлæ йæм йæхæдæг тынг æнхъæлмæ кæсы æмæ. Дунейы фарпæн фæндон куы фæ- уаид æмæ йын сæрæгасæн куьт æрцæуид. Нæ, бæрæг æх- сæв куынæ уа, уæддæр баназдзыстæм фæйнæ. Рагæй пал акуывтам нæ бæлццæттæн æмæ уый раст нæу... «Ныхасыл та фæдæ, зæронд, æмæ дæ исты базмæлын- Уæ кæй хъæуы, уый нал ахсы дæ зопд, — пæ ныхас _ын фескъуыдта йæ мидæнкъарæн. — Уæдта дæм Цуца не ’рбацыд, уæд дæ хъуг æпæдыгъдæй ныууадздзынæ? Æмæ тæригъæд нæу? Стæй дын, мыйпаг, уæдта бахуыскъ. Ур- саджы мурты фæрцы ма куы цæрыс, уæд цæмæн уадзыс Дæ хъуджы хуыскъ кæнын?» — Нæ йæ бауадздзынæн, — ньтфс æвæры йæ мидæн- къарæнæн. — Мæхæдæг дæр æй куыд нæ радуцин, фæлæ 79
Цуцайæн æнæрбацæугæ нæй. Никуыма мæ фæсайдта, йæ нывонд фон. Ныр мæ абон ахæм хуызы ныууагъта æмæ йыл авд дуары æхгæд куы уа, уæддæр сæ ратондзæн æмæ мæм зындзæн... Зæронд ахæм ныхæстæ куы кодта йæхицæн, уæд æм сыхæгты къаннæг чызг æрбадзырдта, Цуца цыдæр код- та, зæгъгæ, æмæ Саучызгæн йæ уæрджытæ йæ быны ба- зыр-зыр кодтой. Столмæ хæстæг кæй уыд, уый йæ æр- цардта: йæ дыууæ къухæй йыл æрæнцой кодта æмæ йæ- хи баурæдта, науæд ын æнæхаугæ нæ уыд. Афтæ иу- дзæвгар фæлæууыд, стæй сынтæгмæ бахылд цæйдæрты æнцой. — Цуца, дам, цыдæр кодта? — цща йæ цуры исчи уыд, уыйау бафарста. — Æрдæбон мæ хъустыл цыдæр хæццæ уынæр æрцыд. Дзæгъæлы уынæр кæй нæу, уый уæд дæр мæ зæрдæ базыдта, фæлæ... Цуцайæн нииæмæй тарстæн æмæ мæ æндæр та уыйбæрц никæй мæт уыд. Мæт та куыд нæ, фæлæ ахъусдарон, уый бæрц зын мæхн- цæн не ’скодтон, барæй. Мæ кадавар тыхтæ, зæгъын, хъæрмхуыпп аразын æмæ изæры зылдтытæн бавæрон... «Ныр цы даргъ ныхæстæ кæныс, зæронд? — феххæлд æм йæ мидæпкъарæн. — Цуна дæуæй ахæм исты куы фе- хъуыстаид, уæд уый дæр афтæ бадтаид? Афонмæ дæм не ’рбахæццæ уыдаид?» — Æмбарын æй, фæлæ мæнæн æндæр гæнæн нæй, — йæхи раз йæхи раст кæны. — Чысыл мæхи куы нæ æрса- быр кæнон, уæд мæ мæ калцæг уæрджытæ кæдæм фæ- хæсдзысты. Иугæр афтæ æрцыд, уæд мын фидар æнæ- фæлæугæ ’нæй. Уæд хъуамæ мæхи ныххæйрæг кæнон æмæ Цуцайы бæсты дæр æз æнхъæлмæ кæсон нæ дыууæты бæлццæттæм дæр." «Дæ зонд фæцыдис, зæронд? — дзуры йæм йæ мидæн- ’къарæн, — нырма бæрæгæй куыницы базыдтай, уæд æй царду-дыгасæй уæлтæрхæг цы авæрдтай?» л _ о, æмæ цы саразон? Ницыуалдæр æмбаргæ кæиын, ницыуалдæр мæ бон аразын у æмæ ма цы кæнон? Цæй, дæуын. Кæд мæ бахæссой мæ уæрджытæ, уæд сæ бузныг уыдзынæн, науæд сыи цы кæнон... — Иæ лæдзæг райста æмæ хъавгæ къахдзæфтæп араст... Цуца нырма бадтис кæрты. Уыдис тынг фæлурс æмæ хуыздзыд. Иæ дыууæ фарс цы устытæ бадт, уыдон ын йæ къухтæ сæ хъæбысты дардтой æмæ йын йæ цæнгтæ æу- уæрстой. Цуцайы удæгасæй кæй федта, уый æхсызгон уыд Сау- 80
чызгæн, фæлæ йын иннæ устыты фенд йæ зæрдæ ба- къуырдта. — Цымæ цæмæн сты ам’ ацы сау халæттæ? — дзуры йæхинымæры. — Мах нæ дыууæ кæрæдзийæн стæм, кæ- рæдзийы ныфсæй цæрæм æмæ нын адон цæмæн пыхи- лынц нæ иумиаг хъуыддæгтæм? Нæхæдæг фаг не ’стæм кæрæдзийæн дзуапп дæттынæн? Æви афтæ банхъæлд- той, æз амардтæн æмæ ныр Цуца махæн баззад. Куыд иæ фæнда,,афтæ йын здухдзыстæм йæ царды фæндæгтæ. Нæ, нырма уымæн раджы у... «Зæронд, дæ ныхæстæ та дæ зонд æмæ царды рæст- дзйнады ныхмæ куы ныллæууыдысты,— йæ ных ын къуыры йæ мидæнкъарæн. — Адæймаг адæмы æхсæы куы уа, уæд хъуамæ семæ цæра, ’ды та дæхи хибар ла- сыс æмæ ма мæгуыр усы дæр ласыс дæ фæдыл. Уый дæ- хи уды æнцопдзинадæн аразыс. Ды адæмы ’хсæн ницы- уал аккаг, ницыуалхъом дæ æмæ уый та цæмæн иипæрд кæныс?» «Ныууадз...» — йæхинымæры йæ къух ариуыгъта æмæ Цуцайы размæ балæууыд. — Цы кодтай, цы, дæ нывонд фон? — устытæй иуыл йæ лæдзæджы бырын’къæй æттæмæ ахæцыд æмæ йæхæ- дæг æрбадт Цуцайы цур. — Цы дыл æрцыд, уый ма мын зæгъ, дæ нывонд фон? Æз ма дæм хæдзармæ куы æн- хъæлмæ кастæн... — Мæ зæрдæ бавзæр, — тын’г мæллæг хъæлæсæп сдзырдта Цуца. — Лексомæ мæ надзахи цыргъ кæпынмæ ахастон. Фæндагыл мыл Гæбæцион фембæлд æмæ... — Æз æй æнæуый дæр зыдтон, ацы æнæхуыцауыхай адæмы ’хсæнмæ куы аирвæзай, уæд.. Æмæ ноджы йæ фæйнæфарс æрбадтысты! Сæхи йыл мæтгæнæг акод- той, — уыцы тызмæг цæстытæй бакæстытæ кодта усты- тæм. Уыдон дæр сæхи бакъултæ кодтой æмæ ацыдысты. — Æ, мæрдты рухсаг уай, ме ’фсин, — йæхиуыл Дзуæрттæ æфтауы зæронд. — Уый сын зыдта сæ кæлæн митææмæ мæ се ’хсæнмæ дæр уымæн нæ уагъта. Уæд- Дæр аирвæзтæн æмæ сын дыууæ бонваг не ’скуымдтон. Ды та — нбджы лæмæгъдæр. Тагъддæр дæ анамонд код- той. Æмæ уый цæмæн афтæ у, уый зоныс, мæ хур? Мæ- н^н мæ алы къахдзæфмæ дæр-хъусдарæг уыдис. Кæмæй- Дæр мын аргъуц дæр кодтой æмæ тæрсгæ дæр. Дæуæн Д^хицæй дарддæр дæ фæдыл акæсæг нæй. Адæймаг та Иасхи фæдыл кæсынмæ нæ арæхсы. Уæдæ ма дæ сæры хицауы цæст æрттивид... 6- Къæбысты 3. 81
Цуца зæронды ныхæстæм æрмæст хъусгæ цы кодта, æндæр сæ йæ уды рæбынтæм айсын йæ бон нæ уыд æмæ йæм хъусын нал фæрæзта. Ацы хатт уарзгæ дæр нæ код- та зæронды. Цыдæргъуызон æм дзы æнæады тæф цыма калд, ахæм æнкъарæн ныдзæвд йæ фындзы хуынчъытыл æмæ уымæй дæр тынг тыхст. Хатт-иу дарддæр абадт. Йæ къабайы фæджджи йыл кæй ныдзæвы, уый йын зын уыд. Уæз ыл кодта. Æмæ-иу дарддæр абадт, фæлæ та-иу æм уый ноджы тынгдæр æрбахæстæг. Æмæ дзы кæй нал фер- вæздзæн, уый куы базыдта, уæд уæззаугай сыстад. Æнæ- уый йæ ацæуын нæма фæндыд. Йе уæнгтæ йын бандои уыцы дзæбæх æрæлвæста йæхимæ æмæ йын æнцон уыд афтæ бадын. Ноджы нырмæ йæ фæйнæ фарс цы устытæ бадт-, уыдон рæвдыд ныхас æмæ аудгæ армæвнæлдæп йæ зæрдæ уыцы дзæбæх баулæфыд æмæ цалынмæ уыцы æх- цон æнкъарæн йæ буары мидæг уыд, уæдмæ йæ зæронды æнуд ныхас дæр уыйбæрц нæ тыхсын кодта, йæ хъустæй дарддæр ын никуыдæм ныхылдта æмæ уымæн йæ бон фæразын уыд, фæлæ уыцы æнкъарæн куы алæдæрст йæ удæй дæр æмæ йæ буарæй дæр, уæд æй æрæвдæлд зæ- рондмæ йæ хъус æрдарынмæ æмæ дзы нæ байрад йæ зæр-. дæ. Уайтагъд дзы афæллад æмæ сыстад. — Цыдæр ме онг ихæн кæны. Хъуамæ схуыссон, кæд афынæй уаин, — афынæй уаин барæй загъта, кæд мæ, зæгъгæ, ныууадзид мæхи адыл, фæлæ йæ нæ ныууагъта. Уый дæр сыстад. Йæ цонгыл ып ныххæцыд æмæ иумæ. бацыдысты мидæмæ. Цуца уайтагъд схуыссыд. Йæ дзау- хмæттæ нæ раласта, афтæмæй схуыссыд. Барæй та къу- лæрдæм азылд. Кæд мæ, зæгъгæ, афтæмæй уæддæр ныу- уадзид, фæлæ нæй. Арт кæнынмæ бавнæлдта ус. Артимæ - архангæйæ йын радзырдта, хæринаг саразинаг кæй уыд сæхимæ æмæ фæйнæ сыкъа дæр баназдзыстæм, зæгъгæ, йæхи куыд цæттæ кодта, уыдæттæ. Арт куы скодта, уæд бацыд æмæ сынтæджы чъилыл æрбадт. Æрныуæрстытæ кодта Цуцайы, стæй йæм дзу- ры: — Цуца. . • — Цы кæныс? — зивæггæнгæ йæ бафарста. — Ды уæддæр мæнæй фидардæр дæ. Дæхи кæд хизай ацы цъаммар адæмæй («сегасы фæхъхъау дæр мын куы фæуис», — йæхинымæры йæ ралгъыста, цæмæндæр ыи тыпг садджып сты йæ хъæубæстæ абон, цыма йæ уыдо- нимæ адджынæй цæрынæн апы зæронд хъыг дары, афтæ йæм кæсын баидыдта æмæ йæ нал уарзта), уæд ды бнрæ 82
фæцæрдзынæ æмæ дын хъуамæ иу фæдзæхст ныууадзон. — Цавæр фæдзæхст у? — схуыст ныхасæй йæ афар- ста. — Куы амæлон, уæд-иу мын мæ ингæныл сæвæр, уым байбыны цы дæргъæццон дур ис, уый. Дæлæ йæ комæй сласын кодтон лæппутæн, цалынмæ ма мæ тыхыл уыд- тæн, уæдмæ. Нырмæ дын æй никуы загътон, фæлæ йыл мæ ном ныффыссын кодтон, айразмæ нæм цы горæттаг лæппу цард, уымæн. Цыдæр нывтæ-иу куы кодта æмæ махмæ куы цард. О,- æмæ йыл,уымæн мæ ном ныффыс- сын кодтон. Хъуамæ йæ рагацау уæлмæрдмæ дæр ис- кæмæн сласын кодтаин, фæлæ мын, зæгъын, хуыцаумæ хъыг куы фæкæса. Гъе, æмæ-иу мын æй мæ ингæныл сæвæр, науæд, мæ бæлццон куы ’рцæуа, уæд мын мæ ин- гæн цæмæй базондзæн. — Æмæ цы кæны дæ ингæнæй? — фæлмæцын та дзы райдыдта æмæ йæ мæстыйæ афарста. — Лæппу йæ мадæн йæ ингæн дæр бирæ фæуарзы, дæ нывонд фон, — ацы ныхас Цуцамæ тынг хъыг фæ- каст. Цыма уымæн лæппу кæй нæй, уый йын йæ цæст- мæ дары, афтæ йæм фæкаст æмæ йын нал ныббарста. — Саучызг, — фыццаг хатт æм сдзырдта йæ номæй, — куы мæ ныууадзис, кæд чысыл афынæй уаин. Райсом та дæм мæхæдæг бауайдзынæн. Ныууадз мæ иунæгæй, дæ судзгæ мæрдтыстæн. Зæронд бамбæрста Цуцайы зæрдæйы уаг, фæлæ йæм мæсты не сси. Æнæуый фæлмæцыд кæй у, уый æфсон ын сæ фæкодта æмæ ацыд... — Лæппу, дам, йæ мадæн йæ ингæн дæр бирæ фæуар- зы, — зæронд куы ацыд, уæд уыцы æнцонæй сулæфыд, фæлæ йын æнцон нæ уыд. Æнцон ын зæронды ацыд уыд, Фæлæ йын катайаг æмæ сагъæссаг кæй ныууагъта, уый йын саста уыцы æнцондзинады. — Лæппу, дам, йæ ма- дæн йæ ингæн дæр бирæ фæуарзы, — сфæлхат кодта. — Æмæ мæнæн лæппу куынæ ис, уæд мын чи уарздзæн мæ ингæн?.. «Ис дын, Джиччи, лæппу, — кæцæйдæр æм æрбай- ^ъуыст, Тæгуйæн йæхæдæг цы хъæлæс æрымысыд, Уый. — Мард лæппу дæр лæппу у,- Джиччи, æмæ дæхи ^пэелæппу ма хон. Æрмæст мæнæн ам хæдзар нæй æмæ мæ йæ хæдзармæ ничи уадзы. Сараз мын хæдзар». 83.
— Цымæ уæзæг цы у? — кæцæй, цæмæн æм фегуырД ахæм фарст, уый йæхæдæг дæр рæстмæ нæ бамбæрста, фæлæ йын йæ уды æвæрæнтæм афтæ зæрдиагæй ныв- нæлдта уыцы дзырд æмæ йын йæ уатæй æнæрастгæ нал уыдис. Цуцайæн. Æмæ растад. Нырма уал уаты бадт даргъкъахæй, афтæмæй • къуымты йæ цæст хаста. Цы- дæр абæстонкæнинаг митæ дзы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ уыцы æнкъардгъуызæй лæууыдысты. Дзырд- той йæм сæ мæгуыргъуыз цæстæнгасæй. Æмæ хъуа- мæ сыстадаид. Нырма хъуг дæр æнæдыгъд кæй у, уый дæр æрбалæууыд йæ зæрдыл æмæ йын уæд æнæсыстгæ нал уыд. Хъæццулы кæроныл дæр ахæцыд, фæлæ йæм йæ мидæнкъарæн сдзырдта: «Æмæ уæзæг цы у, уый аскъуыддзаг кæныны уаргъ дæ уæхскмæ куы систай, уæд æй кæдæм фæхæосын ис дæ зæрды? Стæй дæм де ’дзард хъæбул дæр цыдæр куы сдзырдта...» — Цымæ, æцæг, цы у уæзæг? — ногæй та бафарста йæхи. Ам æм цæмæндæр афтæ фæкаст, цыма уæзæг æмæ, йе ’дзард хъæбул æм цы сдзырдта, уыдон æхсæн цавæрдæр æрду-бæттæн ис. Цыма сæ иу иннæйы домы. Иуæн дзы эенæ иннæ цæрæн нæй. — Адæймаг æрмæст йæхи уды номыл кæм цæра, уым ын цæй уæзæг ис? — дзуры, хъуыды кæнгæйæ. — Ацы уæзæгыл мын ис æр- мæстдæр иу хъуг. Ныхас дæр уыимæ кæнын æмæ цæргæ дæр. Кæрчытимæ фæнды дзур, фæнды ма. Цыфæнды æфсæстæй дæр, сæ цурмæ бацыдтæ, æнæмæнг дæм ле- ты хæринаг æнхъæл хъуамæ кæсой. Къуырттон карк нымады дæр нæй. Иууыл хыльь зæрдыл у. Æмæ... — Хъуамæ ма цыдæр загътаид, фæлæ дзы фæтарст. Райсом ын комкоммæ йæ зæрдæмæ куыд каст уыцы мæ- линаг къуырттон карк, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ та дзы фæтарст. — Хъуг барæвдауын дæр зоны æмæ фæхæрам уæвын дæр. Мæ уæларм мын йæ дæр- зæг æвзагæй куы астæры, уæд уыцы æхцон хъарм мæ буары уыцы дзæбæх алæдæрсы. Фæлæ мын афтæмæй дæр, цымæ, ам уæзæджы хай ис? Цымæ мæ хъуджимæ ам йыхас кæнын мæ бон кæй у, кæимæ ныхас кæнон, уый мын кæй ис, уый тыххæй мын, цымæ, ис мæхи уæ- зæджы хай дæр? Æмæ, зæгъæм, мæ хъуджимæ тæккæ райсом æндæр искуыдæм ацыдыстæм, нæ зæрдæ фæс- ^тæмæ ницæмæуал æхсайы, уæд та цы уыдзæн? Ау, кæ- цæй ацæуай æмæ дæ зæрдæ фæстæмæ кæдæм ницæмæ хсайа, уым дын цæй уæзæг ис? < 84
«Мæ хæзгул, цæмæйдæр та старстæ, — фелхыскъ æй кодта йæ мидæнкъарæн. — Цæмæн дæ хъуджы радавыс? Де ’дзард хъæбулимæ, дæ бæлццоны æндæргимæ нæ фæныхас кæныс? Уыдон цæуылнæ нымайыс?» — Æмæ уыдон цы? — йæ мидæнкъарæны раз йæхи раст кæны. — Кæдæм цæуинаг дæн, уый сын, зæгъæм, загътон. Уыдон мæ уым дæр ссардзысты. Уым дæр аф- тæ ныхас кæндзынæн семæ æмæ уый тыххæй уыцы æцæгæлон къуым мæ уæзæг фестдзæн? Кæцæй? Сом майрæмбон у, иннæбон — сабат... Сабат мæрд- ты бон у. Цымæ комкоммæдæр мæрдты боны цæмæн схуыдтой «сабат»? Чи зоны, «сау бады», сауты мидæг бадынæй у... «Цæуылдæр тыхсыс æмæ рæстæгмарæн митæ кæныс, науæд цы дæ хъуыддæг у, бон афтæ кæй хуыйны, уый,— феххæлд та йæм йæ мидæнкъарæн. — Цы дæ фæнды, уый иунæгæй аскъуыддзаг кæнын дæ бон нæу, æмæ ис- кæмæй уынаффæ бацагур...» Уынаффæйы коймæ фæтарст Цуца. Йæ зæрдæ йæ иыма Саучызгмæ ласы, афтæ йæм фæкаст æмæ дзы фæ- тарстис. Нал æй фæнды зæрондмæ налдæр уынаффæгур, иалдæр æндæр исты хъуыддаджы фæдыл... — Æниу дзы тыхсинагæй дæр цы ис? — йæхицæн ны- фсытæ æвæры. — Райсом майрæмбон у. Рагацау сыст- дзынæн. Мæ митæ акæндзынæн æмæ Хæрисджынмæ ацæудзынæн. Æрмæст фынддæс куырисы нал ракæн- дзынæн уистæ. Аст, иууыл фылдæр — дæс. Уымæй фыл- дæр мæ нæ бахъæудзæн. Адæймаджы цы хъæуы, уымæй фылдæр та ма хъуамæ агура цардæй. Уый бирæгъы ми- пиуæг у. Аст куырисы æмæ иу ахæм кауы михтæ уай- тагъд арæвдз кæндзынæн, стæй Госæмæ бацæудзынæн æмæ дзы галтæ ракурдзынæн. Ноджы ма йæ бафæ- Дзæхсдзынæн... Нæ, фыццаг уал æй фæрсгæ бакæндзы- нæн, зæгъдзынæн ын мæ фæндон, зæгъын, нæ хъæуы Уæлмæрды мæ æдзард хъæбулæн йæ сыджыты хай ра- хицæн кæнинаг дæн. Фыныгъдауæй мæм цæуы, зæгъын, #мæ хæдзар агуры. Гъе, æмæ иу сабатбоны цалдæр уси- мæ мæ зæрды ис уæлмæрдмæ ссæуын. Йæ сыджыты *ай йын рахицæн кæнын æмæ йын рухс зæгъын. Кæд йае зæрдæмæ фæцæуа, хъуамæ æнæмæнг фæцæуа, уæд иппæбон сараздзынæн уыцы хъуыддаг. Госæ мын кæ- м^й зæгъа, уыцы устытимæ ацæудзыстæм... «Ацы хатт дæ мæ зæрдæ куыд барухс ис, не ’фсин, — алы хатт кæм фæлæууы, уыцы къуымæй та йæм æрба- 85
дзырдта йæ лæджы фæлгондз.—Дæ уæзæг кæм хонай, уым дын хъуамæ сæ уæлмæрдæй дæр уа хай, сæ дзуа- рæй дæр, науæд искуыдæм куы фæцæуай æмæ дæ, кæм цардтæ, уырдæм фæстæмæ куыницыуал здаха, уæд дын уым уæзæг, уæзæджы хай никуы уыд...» — Æз дæр афтæ хъуыды кæнын, — йæхицæй фæбуз- ныг ис Цуца. — Кæм цæрай, уымы адæмæн дын хъуа- мæ хай уа сæ цинæй дæр, сæ хъыгæй дæр, сæ уæлмæр- дæй дæр, сæ дзуарæй дæр. Алцæмæй дæр. Гъе, уый у уæзæг, науæд мæнæн ам цæй уæзæг уыд нырмæ!.. Цыма йе ’рагъæй стыр уаргъ аппæрста, уыйау уыцы дзæбæх рогæй фестад. Фыццаг уал хъуг дуцынмæ ацыд, уымæн æмæ талынгмплтæ æгæр æрбæзджын сты къуым- ты. Иннæ миты цырагъы рухсмæ дæр бакæндзæн. Куыд рог уыдысты йе уæнгтæ, кæртмæ куы рахызт, уæд. Уыцы зæрдиагæй афæлгæсыд, хъæуæй дæр æмæ йæм уымæй дарддæр хохвæхстæй. цы зынд, уыдоныл, Ныры хуызæн ын никуы баузæлыдысты йæ цæстытыл дæр æмæ йæ зæрдæйыл дæр. — Æвæццæгæн мын нырмæ уæзæджы ад нæ кодтой æмæ уымæн не ’нкъардтон ахæм æхцондзинад, — сдзыр- дта’æмæ та афæлгæсыд хъæубæстыл, хæхтыл. — Ныр мæ ницыуал бакъуылымпы кæндзæн, æрмæст Госæ, абон мын Гæбæцион цытæ фæдзырдта, уыдон куы нæ фехъусид. Мыййаг, æцæгæй куы ахъуыды кæна,' цы- ма сæ Гæбæционæн æз дзырдтон, Гæбæцион йæхæдæг нæ, фæлæ сæ æз æрымысыдтæн. Цымæ искæмæн псты загътаид Гæбæцион? Æмæ цы хъуамæ загътаид? Æз ын хъуыддаг, куыд уыд, афтæ загътон. Æцæг, надзахи мын сцыргъ кодта, зæгъгæ, уый раст нæ уыд æмæ кæд уым исты фæрæдыдтæн, æндæр мæхимæ ницы азым хатын. Æмæ, уæдæ, Гæбæцион цы хъуамæ зæгъа Госæ- йæн дæр æмæ æндæр искæмæн дæр?.. Нæ, фæлæ мæм цымæ абон афтæ тымбылæй цæмæн æрбацыдысты, зон- гæ та йæ кæцæй бакодтой? Ай дын мæ къух... — ам йæ зæрдæ цæмæдæр фæкъæпп кодта æмæ йæ уæнгтæ ба- рызтысты. — Госæ цыма уыцы мæсты цыд акодта ар- дыгæй... Цыма йæм Гæбæцион... Æмæ йын цы хъуамæ загътаид? Æз Госæты хæдзары онг хæццæ дæр куынæ бадæн... Æвиппайдæй та йыл уæзгуытæ æрбакъуындæг сты. Вæ зæрдæ афтæ ахъеллау кодта риуы къуымты æмæ, иу фарсæй иннæмæ йæхи къултыл хойгæ куыд хауд, уый дзæбæх рахатыдта Цуца. Цæмæй фервæзтаид ахæм 86
уæззау сагъæстæй, уый тыххæй згъорæгау бакодта скъæтмæ. Абадт хъуджы бын, фæлæ йе ’нгуылдзтæ хъу- джы фæччытæ балхъивынхъом нал уыдысты. Фæйнæр- дыгæй йæм цыма цавæрдæр удхортæ лæбурдтой, афтæ йæм фæкаст æмæ сыстад хъуджы бынæй. — Иу æхсæвы æнæдыгъдæй дын ницы у, мæ хур, — йе рагъ ын асæрфта æмæ æддæмæ рахызт. Хъуамæ хæ- дзармæ бацыдаид æмæ схуыссыдаид, фæлæ цæмæндæр йæ зæрдыл æрбалæууыд Саучызг. Нæ йæ^фæндыд ууыл хъуыды кæнын, фæлæ афтæ йæхигъæдæй æрбалæууыд йæ зæрдыл æмæ йæ йе ’онг уыйæрдæм тынг айвæзта. Æнæацæугæ йæм кæй нал фæуыдзæн, уый базыдта æмæ йæхицæн афсон кодта. — Мидæмæ нæ бацæудзынæн. Кæд кæрты исты ми- тæ кæна, науæд æм æддейæ байхъусдзынæн. Мæлгæ ма акæнæд, æидæр та йын ныр йæхиимæ æнæныхас кæн- гæ нæй, æмæ, удæгас кæй у, уый куы базонон, уæд раз. дæхдзынæн. — Ведра бæласы бын бандоныл авæрдта æмæ араст ис, фæлæ йын кæрты къæсæрæй ахизын нæ бантыст: уым ыл хæрхæмбæлд фæцис Гæбæцион. Цуцайæн, Гæбæцион ауынгæйæ, йæ зæрдæ дыууæ хи- цæны фæцис. Иу дзы цин кодта уазæгыл: «Æгайтма фæзындтæ. Ныр ды афтæ тагъд нал аздæхдзынæ. Де- мæ афæстиат уыдзынæн æмæ мæ зæрондмæ цæуын нал бахъæудзæн. Кæд мæ исты уынæффæ хъæуа, уæд уый- бæрц ды дæр куыд нæ сарæхсдзынæ?» Иннæ дзырдта: «Дæлдзæх фæу, дæлимонтæн сæ тæк- кæ бынæйласгæдæр дæлимон. Æгас хъæу дæ уынгæджы сты, абон мæныл дæр тугтæ акалдтай æмæ ма мæм цæ- мæн æрбамæрддаг дæ?» Гæбæцион Цуцайы зæрдæйы хæйттæй иумæ дæр нæ байхъуыста. Уый йын æнæбары салам радта, стæй ба- раст ис бандонмæ. Фысымæн дæр ма цы æнæцæугæ уыд йæ фæдыл. — Лæджы амардтай, бындайраджы чызг фæуай, — уьщы ныллæг хъæлæсæй сдзырдта Гæбæцион. Сдзырдта æмæ лæджы амарды хъуыддаг нырма йæ хъустæм дæр нæ бахæццæ ис, афтæ йын йæ зæрдæ ныццавта æндæр Дызæрдыггаг: цæмæн æй схуыдта чызг? Ацы хабар тынг фесхуыста Цуцайы зæрдæ æмæ Гæбæционы ’рдæм ахæм Дæхгæр зылд фæкодта, раст ын цыма йæ хурхы уадын- Дзтæ ацахсынмæ æмæ йæ ныххуырх кæнынмæ хъавыд. Æмæ дзы тæрсгæ дæр гæзæмæты нæ фæкодта. Мæ фыд- зæрдæйы хурхы уадындзтæ уыцы фидар æнгуылдзты 87
ахæсты фæуæнт. Гæбæционы хурхы уадындзтæ æмæ дзыккутæ та æнæуый дæр тонын æмæ хурх кæнынæй цух куы нæ сты. Хъæуы сылгоймæгтæй стæм баззад, уыдоныл йæ тых чи нал бафæлвæрдта. Фæлæ, гæдыйау^ авд уды ис ацы дæлимоныл. Хатт фæзæгъынц, зæгъгæ, ныр нал ссæрæн уыдзæн æмæ, куы ссæрæн уа, уæд та искæй кой йæ фыны дæр никуыуал ракæндзæн. Фæлæ та сæрæн дæр свæййы æмæ та йæ хъуыддæгтæ дæр адарддæр кæны... Æмæ ныр Цуца уыцы цæхгæр куы фæзылд, уæд дзы фæтарст, фæлæ йын уайтагъд ныфсæ- вæрынмæ фæцис. Л(.'д - — Мæлгæ нæма ако^;ург^.тæрс. Нырма удмидæг ис. Чи зоны, нæдæр амæла/фæлæ дæм уæддæр йæ мастæй дзæбæх комыдзаг æрхаудзæн æмæ йæм дæхи бацæттæ кæн... — Цавæр лæджы кой кæныс, Гæбæцион? — кæй койг кæны, уый зæрдæйæ æнкъардта, фæлæ йæм æндæр ни- цы дзуринаг разынд. Чызг æй кæй схуыдта, уыцы ды- зæрдыг йæ зæрдæйæ нæма байсыст æмæ йæ æндæр истæуылты хъуыды кæнын нæ уагъта. — Дæхицæй ницы æмбарæг ма акæн, — зулмæ йæм бакаст Гæбæцион. Мыййаг ын лæбурын æнгас ис, зæгъ. гæ, æви нæ, уый бæрæг кодта, Æмæ æнцад куы уыд,. уæд дзырдта дарддæр: — абон мын Лексойы кой нæ кодтай? Госæйы хъустыл æрцыд уыцы хабар.*. Ноджы ма ам афтæ куы загътай, зæгъгæ, мын йæ уадул мæ ри- уыл æрæвæрдта, уæд алæбурдта йæ моймæ уыцы сау- бонæй баззаинаг. Цавæрдæр мæцъис йæ къухы фæцис. Лæджы сæр дзы ныххуырста æмæ дæлæ аныр-ауæд йæ уд исыныл архайы... — Чи архайы йæ уд исыныл? — ныр æцæгæй ныс- суйтæ сты йæ хъуыдытæ æмæ нал хаты, Гæбæцион ын цы дзуры, уый. — Лексойæ зæгъын, макуы мацы бамбарай. — Æмæ Лексойы абон æз уынгæ дæр куынæ фæкод- тон. Сæ хæдзармæ хæстæг дæр куынæ бахæццæ дæн, уæд дзы мæн азым цы ис? — Уыдæттыл дын чи баууæнддзæн, мæ чызг? — хæс- тæгдæр æм бабадт. Йæ арм ын йæ уæрагыл æрæвæрд- та. — Госæ ахæм æнаккаг у, æмæ йæхи цæстæй цы фе- на, уый дæр йæхи пайдайæн сзыгъуыммæты кæндзæн. Æмæ йæ нырма не ’рывдæлд, æндæра дæ æнæабæрæг нæ фæуыдзæн, фæлæ исты æрымыс. Дæхи истæмæй сраст кæн йæ разы, науæд дыл марынæй дæр нæ баца- 88
уæрддзæн. Дæ уæзæг дын цъыбуртты сыгъд бакæндзæн’. — О, æмæ йын æз цы кодтон? Цы азымджын фæдæьт йæ разы?—скæуынхъæлæс ис, мæгуыр, Цуца æмæ Гæ- бæцион ноджы тыигдæр бацин кодта йæхинымæры. Ныр ын хорз асхъаудта йæ зæрдæ æмæ, йæхи куыд фæнда,. ахæм уагыл æй сæвæрдзæн. Æмæ дзырдта дарддæр: — Нæ зонын, дæ нывонд фон, мæныл дæ бафæдзæх- сын æмбæлд, æндæр дын цæмæй баххуыс кæнон? Кæд мæ истæмæй бафæрсай, уæд дын мæ цыбыр зонд дæр нæ бахæлæг кæндзынæн. — Æмæ уæддæр цы г*• >н, дæумæ гæсгæ? — иу- гæр ын исты уынаффæ ба.^^ьгыл йæхæдæг разы кæны,, уæд æй цæуыл нæ хъуамæ бафæ’рса. — Мæ фыртыхстæй, зæгъ, мæ цыдæр ыыхæстæ сир- вæзт æмæ, зæгъ, сæ æз рæстмæ хъуыды дæр нал кæ- нын. Мæ цæстытыл; зæгъ, цытæуад æмæцытæдзырдтон, уый, зæгъ, ныртæккæ дæр нæ хъуыды кæнын. Уæд æй, чи зоны, бауырна. — Æмæ дзы ахæмтæй ницы уыд. Мæнг ныхас куыд зæгъон? — скуыдта, мæгуыр, Цуца, æнæзонгæ горæты чи фæдзæгъæл вæййы æмæ йæ мады чи нал фæары, ахæм сабийау. — Дуне иууыл дæр мæнг-æмæ фæлывд у, мæ чызг,— йæ фæсонтыл ын æрбатыхст Гæбæцион. — Рæстудæй цæрæн нæй ацы мæнг дунейы. Мæнæ мæнау æнæхин, æнæкæлæн чи у, уыдон та дзы тæригъæдæй марынц. Æмæ ды дæр ахæм дæ. Нйцы хиндзинад дæм ис, науæд афонмæ дæ ’цард адæмæй хуыздæр сарæзтаис. Махмæ хæдзары дæр дæ кой арæх вæййы. Махон афтæ, мæ ма- ды мыггагæй, дам, у æмæ, дам, æй бирæ уарзын, фæлæ дын йæ бон баххуыс ницæмæй у. Адæмы фыдæвзагæй йæхи хизы. — Æмæ мæнæн мыггаг куынæдæр ис, уæд цæй йæ мады мыггагæй дæн? — йæ фæсонтæ йæм фæзылдта Цу- ца, — Уый та куыд у, чердæм дын нæй мыггаг? — тынг бадис кодта Гæбæцион. — Нæй мын. Лыгъды рæстæджы мæ горæты уынджы Дзæгъæлæй чидæр ссардта хæрз къаннæг чызгæй. Си- Дзæрдонмæ мæ бахаста. Æз мæ мыггаг нæ зыдтон. Уы- Дон дæр мæ Рохатæй рахуыдтой, дæ мыггаг дам кæй ферох кодтай, уый тыххæй. — Акæс, дæ хорзæхæй, — йæ сæр банкъуыста Гæбæ- Дион. Æгæр уæлдæйттæ дзы кæй сирвæзт, уый фæха- 89
тыдта. Йæ райдианы дзырдтæй дæр ын цæуылдæр тынг кæй фæдызæрдыг ис, уый дæр дзы нæ аирвæзт. Æмæ цы уыд, уый нæ бамбæрста, фæлæ... Мыййаг ма дзы ис- тытæ куы сирвæза, уымæй фæтарст æмæ, батагъд код- та ацæуыныл. — Цæй, хæрзизæр уал рау. Де ’хсæв — дæхи фæндиаг. Дзæбæх ахъуыды кæн. Уыцы налаты дзæмбытæм куы бахауай æмæ рæстæгыл дæхи сраст кæнын куынæ бафæразай, уæд дын дæ туг басур кæн- дзæн. Æз дын куыд загътон, уымæй хуыздæр æфсон та дын уæвгæй ницы ис, æниу, дæхæдæг ноджы ахъуыды кæн, фæлæ дын ууыл алчи дæр баууæнддзæн. Ныртæк- кæ адæм иууылдæр тыхст сты. Сæ фыртыхстæй цы дзу. рынц æмæ цы аразынцу хатт сæ уый дæр ферох вæййы æмæ дын уый диссаг никæмæ фæкæсдзæн... Хæдæгай, •махон афтæ, йæ надзахи ма, дам-иу, ын рахæсс æмæ, дам, ын æй æз сцыргъ кæнон. — Нæ хъæуы, — йæ къух ауыгъта Цуца. Цæуылдæр- ты йыл йæ зæрдæ бахудт, цыдæр дзы кæй сайы, уый фæхатыдта æмæ йæ нал фæнды йемæ амæй фылдæр ^емдзæхтон кæнын. — Цæуылнæ хъæуы, уæдæ дзы афтæмæй кусдзынæ? — Мæхæдæг самал кæндзынæн сигæс. Дæ лæгыл дæр та дын исчи исты æрымысдзæн æмæ ма ды куы амарай дæ лæджы мæн тыххæй, уæд æгас хъæуæн æз фæуы- дзынæн туджджын. — Дæ бар дæхи, мæ хур, фæлæ мæм мæсты цæмæн кæныс? Мæн* де ’взæр куы фæндыдаид, уæд дæм цæу- гæ дæр не ’рбакодтаин. Мæнæн ницы мæ уæлфар гал .лæууы. Дæу мæт мæ ис. — Уыцы хъуыддаг мысгæ дæр ды æркодтай æмæ йæ Госæйæн дæр ды загътай. Куыд нæ лæууы дæ уæлфад гал!? — йæ маст нал баурæдта æмæ йын комкоммæ йæ ныхæстæ загъта Цуца. — Ацыт, уæдæ кæрæдзимæ хус дзæкъултæ хæссут. Мæнæн пицыдæр уæ иу у исты саразынхъом æмæ нæ- цæр уеннæ, — хъуамæ кæрты дуарæй ахызтаид, фæлæ куыддæр дуары æмбуар балæууыд, афтæ йын цыдæр йæ хурхы уадындзтæ ацахста æмæ ницыуал базыдта. "Куы æрчъицыдта, уæд сæхимæ тæрхæгыл хуыссыд дæл- гоммæ. Дæлгоммæ цæмæн хуыссы, уый йæм диссаг фæ- каст æмæ бафæлвæрдта уæлгоммæ æрзилыныл. Æмæ ( зилгæ дæр æркодта, фæлæ йæ синтæ ахæм рæхуыст рыст фæкодтой æмæ, цæф арсау, ныббогъ ласта. — Богъ кæн ныр, богъ, мæ хæзгул, — мæстыгъуызæй '90
йæм иннæ тæрхæгæй æрбадзырдта йæ лæг. — Богь кæн, куыдз! Де взаг дын де ’рбадæнты уагъылыйы сындз- джын уисæй фæнадта æмæ ныр богъ кæн. Дысон бон- мæ дын сæ цырагъы рухсмæ æфтауын, фæлæ нырма кæм ис? Байдзаг дын æй кодтой сындзæй æмæ ныр богъ кæн. — Æй, тæригъаддаджы бонтæ сыл куыд фæкодта мæ тæригъæдæй, — ныккуыдта, -мæгуыр, Гæбæцион æмæ тынг зынæй фæстæмæ дæлгоммæ æрзылд. ...Районмæ кæй арвыстой, уыцы бæхыл дохтыр æрба- хæццæ ис. Федта Лексойы. Ницы тас, дам, ын у. Фæл- мæцыд зæрдæ, дам, иучысыл бахъеллæуттæ кодта. Дзæ- бæх куы æрулæфа, лæг йæхи куы бавæра, уæд сфидар уыдзæн. Судзинтæ йын сарæзта, цыдæр хостæ йын рад- та, фысгæ дæр ын ракодта цыдæртæ æмæ... Госæйæн йæ зæрдæ фæфидар. Иæ уазæджы куы афæндараст кодта æмæ йæ изæры зылдтытæй куы фервæзт, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд Гæбæцион. Нырма йæм нæ уыд цæуинаг. Кæдæм мын аирвæздзæн, зæгъгæ, фæлæ йæ æнæхъæн æхсæв кæй бахъæудзæн æнхъæлмæ кæсын, уый йæ цæс- тытыл куы ауад, стæй ма, мыййаг, райсоммæ йæ йтаст дæр куы фæсæтта, уымæй фæтарст æмæ, ’сæ цæхæ- радоны кæрон цы уагъылыйы . къутæр ис, уымæй дзæ- бæх хъæбæр сындзджын уистæ ракодта иу цалдæр. Йæ къухы сæ айста æмæ комкоммæ араст ис Гæбæционтæм. Хъуамæ йæм æндæр хъæлæсæй бадзура. Кæрты дуарæн æддейæ йæ фæкæна æмæ... Фæлæ сæм куы бахæстæг ис, раст уыцы рæстæджы Гæбæцион йæхæдæг æддæмæ рацыд. Госæ бæласы аууон амбæхст. Гæбæцион уынджы фæйнæрдæм афæлгæсыд æмæ фалæсыхырдæм араст ис. Госæйæн йæ зæрдæ фæкъæпп ласта æмæ йæ фæдыл гуырæй-гуырмæ ацыд. Нæ фæрæдыд Госæ: Гæбæцион комкоммæ Цуцатæм бацыд. Госæ кæрты дуарæн æддейæ æрæмбæхст æмæ хъуыста дыууæ усы ныхасмæ. Ноджы йæ маст рафыхт æмæ... уæддæр ын æй Цуца йæхæдæг байста йæ къухтæй, æндæра йæ Госæйæн йæ зæрды æрдæгмардæй уынджы аппарын уыд. Фæлае йын æй Цу- ца байста æмæ йæ суанг сæ кæртмæ йе ’ккой бахаста. Уым æй аппæрста æмæ йын йæ лæгмæ фæдзырдта. Ба- дзырдта нæм, мæнæ, дам, дын дæ усы йе ’взаг фæнадта æмæ, дам, æй мидæмæ бахæсс... 91
* * $ Цуца Гæбæционы йæ лæджы къухы куы бафтыдта" æмæ фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд Госæ кæрты нæ ра- зынд. Хъыг ын уыд Цуцайæн. Тынг æй фæндыд, уым æй куы ’рбаййæфтаид æмæ йемæ куы аныхæстæ кодтаид, фæлæ нал уыд уым. — Цæй, ницы кæны, — йæхицæн ныфс авæрдта Цу- ца.—Æгайтма фæзынд. Ахсæв мыл нал сбон уыдаид фырадæргæй. Цæй, ныр мæ хъуг радуцын дæр бауы- дзæн мæ бон,— йæ зæрдæ та ногæй цæуылдæрты фæ- лæууыд æмæ бацыд, ведра æрдæбон кæм ныууагъта, уырдæм. Нæ разынд ведра йæ бынаты. — Уæдæ йæ цы хæйрæджытæ ахордтой? — йæ мидхъуыдыйы ацагуырд. та, мыййаг ма йæ райста? Æндæр искуы йæ нывæрд- таид? — ницы æрымысыд ахæмтæй, фæлæ... йæ хъустыл цавæрдæр уынæр ауад: чидæр цыма кæмдæр хъуг ду- цы, цыма æхсыры дегъ-догъ ахсынц йæ хъустæ, афтæ йæм фæкаст æмæ скъæтырдæм базылд. Къæсæрыл куы балæууыд, уæд æм райхъуыст Госæйы дзурын: — Уасыд, мæгуыр, ацы хъуг æмæ йæ æз базыдтон, æнæдыгъд кæй у? — Цæмæй йæ базыдтай, чизоны, æндæр истæуыл -уасыд? — æхсызгон уыд Цуцайæн, Госæйы ам кæй æр- баййæфта, уый. — Фосимæ базæронд дæн, дæ нывонд фон, æмæ хъуг цæуыл цы хуызы фæуасы, уый мæ хъус тынг æвзары. Никуы мын фæивддзаг уыдзæн. — Тæхуды, æз дæр æй куы базонин? — фырцинæй батæхуды кодта, æппындæр æм тæхудиаг чи нæ каст» ахæм хъуыддагмæ. Амын цыдæр зæгъын хъуыд. Æмæ уыцы-зæгъинаг Госæ ссардтаид, фæлæ йын ницы загъта. Госæ йæхæ- дæг дæр нырма йæ гаччы не ’рбадт. Йæ хъуыдытæ ныр- ма хæццæтæ уыдысты æмæ йын уый тыххæй ницы загъ- та. Æниу æй Цуцайæ -ныфс куы уыдаид, мæ зæгъинаг мын цыбыртæй дæр бамбардзæн, зæгъгæ, ууыл йæ зæр- дæ куы дардтаид, уæд ын зæгъын хъуыд æрмæстдæр дыууæ-æртæ дзырды: «Колхозы скъæтмæ рацу хъугду- цæгæй æмæ æппæт дæр базондзынæ!» — æндæр дзы зæгъинаг ницы уыд, фæлæ йæм Цуцайы цард, йæ зон- дахаст, йе ’ууæлтæ кастысты, бирæ азты дæргъы зæ- рæстон чи баззад, ахæм хуымы уавæрæн. Уый та ба- хуым кæныны агъоммæ бирæ цыдæртæ хъæуы. Йæ дур, 92
йæ пыхс ын бахсæдын хъæуы æмæ Госæйы не ’вдæлд. Тагъд фездæхыны дзырдæй рацыд æмæ æгæр дæр афæс- тиат кодта. Æниу æй фæстиат кæнинаг ницыуал уыд, фæлæ æгæр бафæллад. Цалынмæ йæ кусинаг бакуыста, уæдмæ йæм ’афтæ зынд, цыма фондз ахæмы дæр «ба- кусид» æмæ мисхалы бæрц дæр фæллад нæ банкъарид, фæлæ иугæр куы фервæзт, йæ зæрдæ куы æрæнцад, куы ницæмæуал æхсайдта, уæд уæнгтыл дæр æртæ’фст сæ фæллад. Ныуæртты æлхынцъытæ куы сыхæлдысты, уæд уæнгтæ сæхиадыл аззадысты æмæ сыл æртæфст сæ фæллад. Чысыл аулæфон, зæгьгæ, стæй ацæудзынæн. Цуца уыцы «уаргъ» йе ’ккоймæ уыцы рогæн куы сæп- пæрста, уæд ма йæм адзырдта, аппар æй, зæгъгæ, фа- джысы куыф у æмæ дзы дæ къухтæ дæр æмæ дæ пысул- тæ дæр цы чъизи кæныс? Фæлæ йæ уый нæ аппæрста. Суанг æй сæхи кæртмæ кæй фæхæццæ кæндзæн, уый йыл зынд æмæ4 ма йын æхсызгон дæр уыд: «Æцæг, фа- джыс йæхи,хæдзарвæндагыл, æддæмæ йæ чи раппæрста, тæф дæр уыдоныл хъуамæ кæна». — Бацыд кæртмæ. Чысыл аулæфон, зæгъгæ, стæй ацæудзынæн. Цуцайы æрбаздæхынмæ дæр нæ уыд æрлæууинаг, фæлæ йæ хъус- тыл хъуджы уасын куы ауад, уæд йæ зæрдæ .батыхст: «Ацы ус дæр фыдæбойнаг фæцис абон æмæ, æвæц- цæгæн, йæ хъуг радуцынмæ дæр йе онг нал æртасыд», — хъуамæ хæдзармæ бацыдаид исты мигæнæн рацагурын- мæ, фæлæ ведра куы ауыдта, уæд æм фыццаг ныккаст. Сыгъдæг уыд æмæ’ма хъæдзармæ цæмæ цыдаид. * * * Госæмæ æндæр дзуринаг ницы уыд уыцы æхсæв. Дзуринæгтæ та куыд иæ? Сылгоймагмæ дзуринæгтæ алы хатт дæр вæййы, фæлæ ныртæккæ ахæм зæрдæйыл пæ уыд. Нæ, зæрдæ йæм ныртæккæйы хуызæн никуы уыд дзурынмæ. Равдæлон ис. Йæ масты дзæкъул дæр æмæ йæ зæрдæ дæр равдæлон сты æппæт мæстытæй æмæ йæм ныр дзуринæгтæ бирæ разындаид, фæлæ йын рæс- тæ нæ уыд. Йæ зæрдæ йæ рыпчынмæ æхсайдта æмæ исты ныхас баифтындзынæй тæрсгæ дæр кодта. Уый тыххæй йæм ницы уыд дзуринаг. Æмæ хъуамæ ацыдаид, куыддæр хъуг æрдыгъта, афтæ. Цуцапы ницæмæй ба- фарста. Ницæмæ дзы йæ зæрдæ æхсайдта æмæ йæ цæ- мæн фарстаид. Иæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уымæй рав- 93
дæлон ис. Иæ зæрдæ. Дарддæр цы уыдзæн, уый йæ- æппындæр не ’ндæвта. Кæуыл дзы цы аныдзæвд, уый йын хайыр уæд, — ахæм зондыл ныллæууыд æмæ йын уый фаг уыд. Æмæ хъуамæ ныр атындзыдтаид, фæлæ йын Цуца балæгъстæ кодта: — Сбм райсом дæм уæддæр хæдзармæ цæуинаг уыд- тæн, Госæ. æмæ... — Цы хабар у? — тынг дисгъуызæй . йæ афарста. Диссаг æм. фæкаст, æгас хъæуы устытæ кæм фæлæу- уынц, уыцы доны цур иу уысм дæр чи никуы афæстиат, уый ныхас... æниу, фæстиат цы, уым æй уынгæ дæр ни- куы фæкодта. Кæд рахæссы дон, уый бæрæг дæр ын нæй. Æмæ йæм ныр уыцу Цуца хæдзармæ бацæуинаг уыд. Уый диссаг у, уæдæ цы! — Стыр хабарæй дæр дзы ницы ис, фæлæ... — фæлæ цы, уый зæгъын ын цыма фæзын: ницыуал дзырдта æмæ лæууынц дыууæ усы. Лæууынц ныхæй-ныхмæ. Æхсæвы тар æрбæзджын ис æмæ кæрæдзи цæсгæмттæ цæстæй рæстмæ нал æвзарынц, фæлæ зæрдæйы цæстытæй кæ- сынц кæрæдзимæ. Госæйæн ис ривад, æвдæлон цæстæн- гас. Уыцы сабыр у, цыма абондæргъы æппындæр ни- цы æрцыд, ницы дæр хъусгæ фæкодта... Цуцайæн йæ цæстæнгас у тынг хæццæ. Цæмæйдæр, цыма, тæрсгæ дæр кæны, æфсæрмы дæр, тыхсгæ дæр, цин дæр, фæс- мон дæр. Цыбыр дзырдæй, зæрдæйы мидæг цыдæрид- дæр æнкъарæнтæн равзæрæн ис, ныртæккæ иууылдæр Цуцайы цæсгомыл фæдфæливæнтæ кæнынц æмæ йын йæ дзурыны монц дæр къуылымпы кæныц. Госæ йæм кæсы æмæ йын тæригъæд кæны. Кæй йыл не ’ууæнды, кæй йæм нæ уæнды дзурын, кæй дзы тæрсы, фæлæ йæ уæддæр цыдæр хъуагдзинад, фылдæр та зæрдæйы хъуаг- дзинад кæй цæуын кæны уымæ, уый зоны æмæ йын тæригъæд кæны. Йæхпмæ та мæсты кæны. «Уæддæр æгъатыр стæм мах, сылгоймæгтæ,—хъуьт. ды кæны йæхинымæры.— Ацы Дзылытæ цы адæмы хат сты, уый зонæм æмæ ма уæддæр, чындзы номыл сæм чи æрцæуы. уыдонмæ дæр сæ сæры хицæутты цæстæй фæ- кæсæм, Никуы сын ныккæсæм сæ зæрдæтæм. Никуы сæ бацагурæм. Мах фылдæр вæййæм кæддæриддæр æмæ, цыма кæрæдзийæн алцæй фаг дæр стæм, цыма нæм фыдбылызæй дæр æмæ хæрзæбонæй дæр цы хауы, уый нæхимæ ис æмæ исчи истæмæй хъæрзы, искæй дæр ма уыцы фыдбылызтæ æмæ хæрзæбонтæй хай хъæуы, уый мæт никуы æркæнæм. Ныр ацы дзæбæх сылгоймаг кæ- 94
дæй нырмæ йæхицæн мидæгдон дары æмæ йæ иу ба- фæрсæг ничи фæцис» —Зæгъ, дæ нывонд фон, зæгъ. Æфсæрмы ма кæн,— йæ фæсонтыл ын йæ арм æруагъта. — Дыууæ зæгъинаджы мæм ис дæуæн æмæ дæм уый тыххæй уыдтæн цæуинаг, — исдуг ын комкоммæ йæ цæс- тытæм кæсынмæ хъавыд, кæй зæгъын æй хъæуы, зæр- дæйы цæстытæй, фæлæ нæ бафæрæзта, фæстæмæ бын- мæ æруагъта йæ цæстытæ, афтæмæй сфæрæзта: — Дæ нывонд фон, Цуца, кæд дардыл дзырддаг сты, уæд сæ фæлтау райсоммæ аргъæв. Æнæуый дæр æнафон у, стæй мæ рынчынмæ дæр мæ зæрдæ æхсайы. Фæлæ сын кæд цыбыртæй ис зæгъæн, уæд мын сæ зæгъ æмæ сыл æз хæдзары асагъæс кæндзынæн. — Иуыл дзы фылдæр дзурын хъæуы æмæ уал уæд уый соммæ уадзæм, иннæ... — ам та ферхæцыд, фæлæ йæ Госæ баразæнгард кодта: — Кæрæдзимæ нæ комы баст кæм сыхæлдтам, уым уайсадын нал хъæуы. Æппæт дæр мын дзур æргом. — Мæ цæхæрадонæн йæ кау бадзæбæхтæ кæнинаг у. Райсом мæ зæрды Хæрисджыны уистæ ракæнын ис æмæ- мын, зæгъьш, галтæ... Æниу, галтæ нæлгоймагæй кургæ сты. Уый зонын, фæлæ мах сылгоймæгтæ нæ ныхасаг лæгтæм дæр хъуамæ сылгоймæгты æвзагæй хæссæм. Абон дæр æз уымæй фæрæдыдтæн. Фæрæдыдтæн, фæ- лæ уый ме ’вæлтæрддзинады аххос уыд. Æз мæ надза- хи комкоммæ сымах лæджы номыл куы нæ ахастаин, фæлæ йæ дæумæ раттыны дзырдæй куы ацыдаин, уæд нæ фефсæрмы уыдаин, чн зоны, æмæ фæндагæй нæ раз- дæхтаин. — Æ, дæ зонды фæхъхъау фæуон, — тыхджын зæр- диагæй ныттыхст Госæ Цуцайы хъуырыл. Иæ риумæ пæ тынг нылхъывта, афтæмæй дзырдта. — Уый дæм куырыхон лæджы зонд куы ис, уый мæм куырыхон лæ- джы æвзагæй куы дзурыс æмæ дæ æз та чысыл сывæл- лонæй рæуæууæнкдæр, æнæмбаргæдæр куы æнхъæлдтон. Тæккæ райсом дын галты нæхи лæппуйæн рарвитдзы- пæн. Надзахи дæр рахæсдзæн. Иумæ ацæудзыстут. Иу ^æрдоны дзаг дыууæйæ уайтагъд ракæндзыстут. Ды йын сае æрмæст уæрдонмæ хæсс, кæнын уый бар уадз. — Ноджы ма йæ иу хатт æрбалхъывта йæхимæ, стæй йын ^æрзæхсæв загъта æмæ хъуамæ ацыдаид, фæлæ ма ду- ^ргæрон фæлæууыд: — Дæ иннæ дзуринаг дæр райсо- мæй фалæмæ ма аргъæвæм. Хъæдæй куы æрæздæхат, 95
уæд-иу лæппуимæ комкоммæ махмæ рацæут. Цуцайы цыдæр зæгъын кæй хъуыд, уый зыдта, фæ- лæ цавæрдæр æхцондзинады къуыбар йæ’хъуыры ныф- фидар æмæ йæ дзурынæй кæуын тынгдæр фæндыд. Уыцы æхсæв дзæбæх кæй бафынæй уыдзæн, уымæй йæ ныфс уыдис, фæлæ... Фынæй та куыд нæ!? Йæ зæрдæ райвадæг ис, куыройау, æмæ йæм фæныхылинаг нал уыд. Куы баулæфид, уый йæ тынг фæндыд. Æмæ бафы- нæй ис. Æниу ын зонгæ ницы кодта. Фынæй у æви хъал у, уый нæ зыдта. Нæ йæ зыдта, афтæмæй йæм æр- бацыд Саучызг. Æрбацыд æм уыцы æрыгон æмæ уыцы тыхджынæй. Æмæ йемæ загъд самадта. Цуцаимæ. Æп- пындæр йæ разы ницы азымджын уыдис, фæлæ уæддæр загъд самадта. Саучызг. — Æнаккаг, æз кæцæй æрцыдтæн, уый зоныс?! — йæ сины сæртыл хæцыд, афтæмæй дзырдта. Тынг мæс- тыйæ дзырдта, фæлæ’дзы ацы хатт цæмæндæр Цуца дæр нал тарст. Нæдæр дзы тæрсгæ кодта, нæдæр æф- сæрмы. — Нæ йæ зонын, нæдæр мæ хъугæ кæны, — загъта йын афтæ æмæ йæм йæ фæсонтæ азылдта. Азылдта йæм йæ фæсонтæ, фæлæ цæмæндæр афтæ рацыд æмæ йæ цæсгом йæ фæсонтырдыгæй фæцис. Цуцайæн. Афтæ йæм уымæн фæкаст æмæ сæ уыцы ныхæсты фæстæ йæ бына. тæй ничи фезмæлыд. Дыууæ дæр кæрæдзи фыдæнæн сæ бынæтты фидар ’лæууыдысты, афтæмæй комкоммæ кæрæдзийы цæстытæм кастысты. — Нæ дæ хъæуы, нæ? — Нынныхмæ йæм ис зæронд. Æниу, ныр зæронд нал уыд. Æрыгон æмæ тыхджын уыд ныр. — Æмæ дæ цы хъæуы æви цы нæ хъæуы, уый дæхи фæндонмæ гæсгæ у? Уæд æз’нæ ^амардтæн! Æпиу, мæлгæ акодтон æмæ дæм цæугæ мæрдтæй æркодтон, фæлæ уæддæр ныхасæн зæгъын. — Æмæ кæд амардтæ, уæд ма’мæм цæмæн æрцыд- тæ? — нæ чъил кæны Цуца дæр. — Æнæуый дæр дæ цъæхдæндаг куы дæн. — Нырмæ мæ цъæхдæндаг кæй уыдтæ, уымæн ни- цы у, — йæ хус къух ауыгъта зæронд. Ауыгъта йæ хус къух æмæ йын æм Цуца фемдзаст ис. «Ай цы хабар у? — дис кæны йæхинымæры. — Иæхæ- I дæг—æрыгон æмæ тыхджын, йæ къух та — зæронд , æмæ хус...» — ноджы ма цыдæртæ хъуамæ дзырдтаид йæхинымæры, фæлæ йын сæ Саучызг фескъуыдта: — Нырмæ æрмæст цъæхдæндаг кæй уыдтæ, уымæн - 96
ницьт у. Хъæцыдтæ йыл, фæлæ мæ нырæй фæстæмæ та зæрдæцъæх дæр уыдзынæ. Нырмæ удæгасæй зылдтæн дæ фæдыл æмæ уымæн ницы у. Удæгас адæймагимæ дзурæн ис, хылгæнæн дæр ис йемæ, фæлæ дæ мардимæ куы хъæуа тох кæнын, уæд уым удæгас адæймаг бынтон. дæр æдых у. Ннцы йæ бон у бакæнын, уымæн æмæ мар- димæ нæдæр адæймаджы уагыл дзурæн ис, нæдæр хыл- гæнæн. Мард уд ницæмæйуал тæрсы. Уый уымæй фыд- дæр мæлгæ нал акæндзæн, нæдæр ын намыс хъахъхъæ. нинаг ис, нæдæр æфсарм. Ныр æз дæуæн дæ зæрдæ сцъæх кæндзынæн, уымæн æмæ мыл сайдæй разылдтæ. Кæуылдæрты мæ баивтай. Æмæ дын æз дæ зæрдæ сцъæх кæндзынæн, стæй æнæмæтæй, ивадæг зæрдæйæ ацæудзынæн мæ мæрдон фæндагыл, æмæ æппæт дæр фе- рох уыдзæн. Мæрдты хъуыдыгæнæн, сагъæстæгæнæн нæй æмæ дзы уымæн у æнцон цæрæн, уымæн нын æнцон у удæгæстимæ хыл кæнын. Дæуæн дæ зæрдæ куы сцъæх уа, уæд æй цæрæнбонты афтæ цъæхæй хæсдзынæ. Рис- гæ дæр дын кæндзæн æмæ дудгæ дæр. — О, æмæ дын уæдæ ныр цы саразон? — лæгъстиаг ын фæцис Цуца, мæгуыр. — Куыд цардтæ, афтæ цæр. Адæймагæн йæ ныхы- фыст цы фæуа, уырдыгæй йьш ацæуæн никæдæм ис æмæ ды дæхицæй, дæ хъысмæтæй кæдæм алидзынмæ хъавыс, мæгуыр уа дæ бон? Дæ разæй дзьт æз лыгътæн, æз ма фæрссагæй дæр агæпп кодтон кæддæр. Уæд æз дæр мæ ныхы фыст, мæ хъысмæтæй лыгътæн. Уый та, адæй. маг йæхицæй искæдæм куы лидза, уый хуызæн у. Æмæ куыд, кæдæм алйдздзынæ дæхицæй? Дæхицæй цасфæн- ды лидз, уæддæр дæ ныхыфыст дæ фæдыл æфтыд уы- дзæн æмæ йæ кæм фæнда, уым дæ æрцахсдзæн, уым дын æрхæцдзæн дæ рохтыл. — Æмæ ныр ды цы саразинаг дæ мæнæн? — лæгъ- зтæгъуызæй йæ фæрсы Цуца. — Дæ æдзард хъæбулæн хæдзар саразинаг дæ æмæ Дын æй æз нæ бауадздзынæн. Ныр мыл ды сайдæй куы ттæ разылдаис, кæуылдæр мæ куынæ баивтаис, уæд дын -з дæ хъæбулы мæ хъæбысы хъармы дардтаин. — Æмæ мын æй хъомыл дæр скодтаис? — Æй, дæ бон ныккалай, кæд мæ цытæ домыс,— былысчъилæй йыл ныххудт Саучызг æмæ та йæ хус к ухтз;- тилы. — Мæрдтыбæстæн йæ хорздзинад уый ми- Д^г ис, æмæ йæм чи цы хуызæнæй æрбацæуы, ахæмæй кæй баззайы æмæ ахæмæй кæй цæры. 7 Къæбысты 3. 97
— Æмæ, уæдæ, мæ хъæбулæн йе онг не сындидзыд- та, афтæмæй мын цæры?—тарстгъуызæй йæ афарста Цуца. — Æрбарвитдзынæн дæм æй æмæ йæ дæхæдæг фен, — афтæ загъта зæронд æмæ ацыд. Цæугæ акодта æви цы фæцис, уый Цуца нал базыдта. Куыд лæууыд, афтæ уыцы хуызы æрбайсæфт æмæ, æрбацыд, адæймаджы хуызæн нæ, фæлæ цыдæр хъæндилæнгæс цыдæр сфæл- дисæггаг. Уый уыд, цыдæр тæнгъæд буарæй конды хуы- зæн æмæ райвæз-байвæз кодта. Р1æ къæхтæ дæр уыдыс- ты ахæм тæгъзæнгæс æмæ зæххыл фидæр æрлæууын сæ бон нæ уыд, фæлæ цыдæргъуызон хилæгау кодтой æмæ та-иу фæдыдæгътæ сты. Цуца дзы тынг фæтарст. Хъуамæ ныцъæхахст кодтаид, фæлæ йæм уыцы сфæл- дисæггаг сдзырдта цыдæр зонгæ хъæлæсæй. Растдæр зæгъгæйæ, хъæлæс ын йæхæдæг нæ уыд зонгæ, фæлæ йæм фæкаст, дзæбæх зоигæ йын чи уыд, ахæм хъæлæсы хуызæп æмæ дзы уæд нал фæтарст. Уыцы хъæлæс ын йæ зæрдæ барæвдыдта æмæ йæм йæхæдæг дæр уарзæгой цæстæй ракаст. Цæмæндæр æй тыиг бафæндыд, куы йæм æрбацæуид æмæ йæ йæ хъæбысы куы ныккæнид, фæлæ йæм уый нæ цыд хæстæг. Уæд æм ус сдзырдта тынг рæвдаугæ хъæлæсæй: — Мæ хъæбул куы дæ, хæстæг мæм цæуылнæ цæуыс? — Мæнæн дæумæ хæстæг бацæуæн нæй. Æз æххæст хъæбул не сдæн. Ды мæ мад дæ, бæргæ, фæлæ дæ Джич- чи схонын дæр нæу мæ бон. Уый фаг дзурæнтæ мын нæй. Ды дæхицæн дæ зæрдæйы цы фæлгоиц спыв код- тай, æз бæргæ уый хуызæн куы уаин, фæлæ мын уый гæнæн дæр нæй. Мæнæн ды иу гыццыл зæххы гæппæлæй ныфс бавæрдтай æмæ мын кæд уый саразай, уæд дæм нырæй фæстæмæ дæр мады зæрдæ дардзынæн. Æнæ- уый мын ахæмты фадат дæр нæй. Мæнæ айхуызæн бæгъ- нæг, æнæхæдзарæй цæрын мæхи хуызæтты ’хсæн. Цæ- рæм мæрдты ’хсæн тынг мæгуыр æмæ æнамондæй., Иу- уыл мæгуырдæр та, сæ мæдтæ барвæндæй кæй барвыстой мах бæстæм, уыдон сты. Мæнау хъысмæты фæндæй чи ацыд, уыдонæн иннæ мæрдтæ сæ фынгæй цыдæр мур- тæ авæрынц, фæлæ иннæтæн уый дæр нæй. Сымахæн, дам, уæ мæдтæ сæхи уды æнцондзинады тыххæй сымах мæнæ ахæм хуызы æрбаппæрстой махмæ æмæ, дам, уы- дон фыдæнæн мах нæ кадавар муртæй сымахæн хай никуы скæндзыстæм... Æмæ уыцы æнамонд æрдæг са- битæ, мæнæ мæнау, адæймаджы хуыз чн нæма райста,. 98
афтæмæй мах бæстæм чи бацыд, уыдон, сæ мæдтæм мæсты кæнгæйæ, цæрынц уым æмæ сын цæмæй фыдæ- нæн митæ кæной, уый тыххæй сæм никуы дæр фыны æрцæуынц,,-никуы дæр сын сæхи æрымысын кæнынц... Æз дæм мæсты нæ кæнын, фæлæ мын иу хæдзары къуы- мæн исты. амал бакæн, стæй ма дзаумæттæн дæр. Бирæ дæ ницы домын, иу зæронд хæррæгъ дæр мын фаг уы- дзæн, æз та дæм нырмæйау дзæбæх зæрдæ дардзынæн æмæ дæм цæудзынæн фыны æгъдауæй дæр æмæ дæ сæнтты дæр. Æрмæст мæ сайгæ ма фæкæн. . — Нæ дæ фæсайдзынæн, дæ нывонд фон, — ныфс ын авæрдта Цуца. — Тæккæ ’райсом баныхас кæндзынæн Госæимæ. Уый фæлтæрд адæймаг у. Бацамондзæн мын, цы саразын мæ хъæуы, уый, стæй æппæт дæр мæхи бар уæд. Пысултæ дын æнæуый дæр бæргæ бахуыдтон. Ра- гацау дын сæ бахуыдтон, зæгъын, мæ хъæбул куыддæр адæмы рæгъмæ рацæуа, куыддæр райгуыра, афтæ йын хъуамæ уа тынг дзæбæх пысултæ. Фæлæ мын дзæгъæлы хуыд фесты. Æз та зонгæ нæ кодтон, куыд дыл сæ сæм- бæлын кодтаин, уый. Ныр уый дæр базондзынæн. Го- сæйы фæрцы бирæ цыдæртæ базондзынæн, кæд мæ бон йемæ æмудæй цæрын бауа, уæд... «Дзылытæ зонд æмæ уынаффæ агурæг никуы никæ- мæ цыдысты æмæ кæд дæу ’руаджы уымæ æрхаудтой, кæд сынзонд æмæ уынаффæ Лексо æмæ уый хуызттæм агуринаг фесты, уæд æцæг куы æрцыд не сæфт, уæд нæ мыггаг æцæг куы нал баззад», — йæ хъустыл ауад зæронды хъæлæс, фæлæ дзы нæ фæтарст. Нæдæр та дзы тæрсгæ фæкодта, нæдæр аргъуц. Æмæ йын уый тынг æхсызгон уыд, фæлæ ам фехъал ис æмæ йæ зæр- диаджы кæй нал ауыдта, ууыл та маст бакодта. Ныр æй ноджы тынгдæр æрфæндыд бафынæй кæнын. Ни- цæуыл сагъæс кæнын æй фæндыд. Æгæр бирæ сагъас- тæй йæ зæрдæ фæлахс кæй кæны, уый хаты æмæ йæхи- цæн фæтæригъæд кодта. «Цымæ цæмæн ихсийын кæнын мæ зæрдæ, цæмæн фæлахс кæнын мæ уд? — фæрсы йæхи, æмæ йæ тынг æрфæндыд йæ мады фæлгонц йæ цæстытыл ауайын кæнын. — Цымæ уый та цыхуызæн адæймаг уыдаид1 Цымæ мын ныр мад куы уаид, уæд та куыд цæрин? Æ, тæхуды фæуа йæ къона, йæ мады фарсмæчи схъо- мыл, уыцы чызгæн! Цымæ уый искуы йæ хъæбулы зы- гъуыммæ фæндагыл бафтауид? Нæ. Мæнæн хъæбул куы Узид, уæд мæ уд хъарин, цæмæй уый раст фæндагыл 99
цæуа. Мæнæн хъæбул куы уаид, уæд æй уарзин мæхи уд’æй бирæ фылдæр. Мæ уд та цы? Цæмæн мæ хъæуы • мæнæ ахæмæй мæ уд? Цы дзы кæнын? Дæ уд куы ни- кæй хъæуа, искæмæн хорздзинад саразыныл йæхи чи ’нæ хъара, искæй уды сæрвæлтау йæхи нывондæн чи нæ хæсса, уыцы удæй адæймаг, кæй у, уыцы адæймаг дзы йæхæдæг дæр цы кæны? Æмæ дæ уд нывондæн кæй тыххæй хæссай, уый дæр куы нæ уа адæймагæн, уæд цы кæны йæ удæй? Нæ, мæнæн хъæбул куы уаид, уæд æй уарзин тыхджын бирæ. Æдзухдæр æй мæнæ афтæ мæ риумæ æлхъывдæй дарин æмæ афтæмæй цæрин, — йæ цæнгтæ йæ риумæ тынг нылхъывта. — Мæ йу къу- хæй кусгæ кæнин, иннæмæй та мæ хъæбулы мæ риумæ æлхъывдæй дарин... Æвæццæгæн, мæ мад дæр ахæм уыдаид æмæ æз дæр ахæм зæрдæйы уаг уымæн рахастон. Æви, чи зоны, адæймагæн цы нæ уа, уый фылдæр фæ- уарзы. Чизоны йæм æнæуый афтæ фæкæсы, цыма йын цы нæй, уый йын куы уаид, уæд æй æнæмæнг бирæ уар- зид. Æмæ уæд адæймаг æппындæр ницæй ныфсæй цæ- рид, фæлæ афтæ дæр нæ уыдзæн, æвæццæгæн. Æз арæх не ’фтын хъæуы устыты цурмæ, фæлæ сæм цы цъусдуг байхъусын, уымæй сæ хъæбул-бæлццæтты кой бирæ æх- сызгондæрæй фæкæнынц. Сæ лæгты, се ’фсымæрты, се ’ннæ хæстæджыты кой дæр куыд’нæ фæкæнынц, фæлæ уæддæр сæ хъæбулты тыххæй куы фæдзурынц, уæд уы- цы ныхæстæ сæ дзыхы цыма бынтон æндæр ад фæкæ- нынц, афтæ фæзыны... Æ, тæхуды йæ къона фæуа, хъæ- бул кæмæн ис æмæ хъæбулы ад чи банкъардта! Æниу ын æз уырдæм дæр куы æнкъарып йæ ад, уырдæм дæр мын адджын куы у, уæд уагæры йæ цуры кæмæн ис, уагæры йæ цæстæй уынгæ уæддæр чи фæкодта, афтæ- мæй кæмæн амард, уыдонæн куыд адджын уыдзæн уыцы æнкъарæн! Æ, тæхуды йæ къона фæуа, йæуæзæг кæд- дæр уæзæг кæмæн нал хуыйндзæн, фæлæ уæзæгуаты ном кæуыл сæвæрдзысты, уый тæсæй æхсæв дæр æмæ бон дæр йæ зæрдæ рисгæ кæмæн нæ кæны. Æ, тæхуды йæ къона фæуа, йæ хъæбулты, йæ дыккагхæдзæртты •хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты ныфсæй йæ уæзæджы сомбоны мæт йæ зæрдæмæ æппындæр кæмæн никуы фæныхилы! Ныр ма Дзылыты кæддæры стыр æмæ хи- уарзон уæзæгыл мæнæ дыууæ сылонсæрæй баззадыс- тæм. Цæмæй дзæбæхæй <æрæздæхой нæ^ бæлццæттæ, уый сын мæ уд феста, фæлæ уыцы фыдбойнаджы хæст, мыййаг, ууыл дæр куынæуал ахъуыды кæна, Дзылыты яоо
уæзæг уæзæгуат цæмæй ма суа, уый тыххæй ма сын сæ бæлццæттæй дыууæ-æртæ, науæд та иу уæддæр ныууа- дзон, зæгъгæ. Мыййаг сæ иууыл куы эныхъуыра, уæд ма ацы дыууæ удæй кæдмæ хуындзæн Дзылыты уæ- зæг æцæг уæзæг?» «Афтæ сæ искæуыл куы баивай, уæд ма дзы цæй уæ- зæг хъуамæ уа, гормон!» — йæ хъустыл та ауад зæрон- ды хъæлæс æмæ фестад. — Цæмæн мæ афтæ баййардта ацы æхсæв фынæйæ, хъалæй? Цы йыл кæнын? — искæй фæрсæгау сдзырдта æмæ фæрссагæй акаст. Бон дзир-дзур кодта.— Цалын- мæ уыцы лæппу цæуа, уæдмæ уал мæ мæ зылдтытæ акæнын хъæуы, фæлæ уый дæр куы абæрæг кæнин. Мацы йыл æрцæуæд. Йæ халат уæгъдæппæрст æрбакодта йæ уæлæ æмæ кæртмæ рахызт. Иæ хъус адардта Саучызгтырдæм. Уый йæ лæдзæджы æнцой уæззау къахдзæфтæй рацу-бацу кодта сæ кæрты æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт. — Æгайтыма мæ уырдæм цæуын нæ бахъуыд. Цы- хуызæн фæнды уавæры дæр та мæ ныкъуылымпы код- таид, — йæхн дзы амбæхста, афтæмæй скъæтмæ бацыд хъуг радуцыны тыххæй... ; Цуца тыхджын райгондæй баззад Госæйы лæппуйæ. Йæ лæджы ацыдæй фæстæмæ ма нæлгоймаджы куыс- ты ад базыдта йæхи хæдзарæн æфтиаджы. Колхозы куыстытæм-иу рæстæгæй-рæстæгмæ ауад, фæлæ алы хатт дæр йæхи ласта хибар ранмæ. Ууыл æй ардыдта зæронд, æмæ зæронд та уыдис йæ хуыцау, йæ зæд, йæ мад, йæ фыд, йæ хо, йе ’фсымæр, йæ фæндаг, йæ зонд. Цыбыр- дзырдæй, зæрондæн йæхæдæг уыд йæ уонджы кæцыйæм- дæр хай æмæ онджы хæйттæй та фæхицæнгæнæн ни- кæмæн ис. Куы хицæн кæна, уæддæр æй буар нæ ауадз- дзæн. Кæд йæхи барæй кæнæ хъысмæты фыдæй атона йæхи, уæд та уымæн уый фæстæ уыцы буаримæ иумиа- гæй ницыуал вæййы, никуыуал ыл баныхæсы. Цуцайы та нæ фæндыд уыцы тыхджын буарæй фæхицæн уæвын. ^ый ныфсæй цард. Уый ныфсæй æнхъæлмæ каст йæ баелццонмæ æмæ-иу æм исчи дзырдæппарæн куы бакод- та, уæц-иу асырх, йæ цæсгом-иу уый фæстæ та хъулæт- тæ ацис æмæ-иу йæ алывæрсты сусæгæй ахъахъхъæдта. 101
Афтæ-иу æм фæкаст, цыма йæм зæронд кæцæйдæр йæ хъус дары. Чидæр æм дзырдæппарæн кæй бакодта, уый уыны æмæ йын йæ лæгмæ дардæй хæстæгмæ дзуры, ар- дауы йæ: — Кæсыс, Дзылыйы фырт? Кæсыс дæ рæсугъд ус- мæ? Дзылытæм фыдæлтæй фæстæмæ дардæй бакæсын дæр чи нæ уæндыд, уыдон сын уæртæ сæ чындзæн, сæ рæсугъд чындзæн цытæ кæнынц!? Уый уымæн афтæ у, æмæ нæ уæзæгыл нæлгоймаджы мыггагæй иичиуал ис. Исæй та дзы куыд нæ ис? Нæ бæлццæттæн мæ уд сæ хæтæн бæндæгты фæхъхъау фæуæд, фæлæ цæст кæй нæ уыны, уымæй аргъуц дæр ничи кæны. Йæ хъуеты-иу зæлланг кодтой, зæронд-ну ын æнæуый цытæ фæдзырдта, уыдон æмæ-иу йæхи хибардæр ранмæ айста. Нæлгоймæгтæ цы -куыстой, куыд змæлыдысты, уымæ бакæсын та йын бынтон нæ фæччыд. Æ, йæ мад амæла тасæн, кæд адæймаджы номыл не сфæлдисæгмæ цы æнкъарæнтæ разынд, уыдонæй тасæй хъомысджындæр ницы фæцис! Стæй ноджы уыцы æдзæсгом тас куы ба- зоны, тынгдæр ын чи табу кæны, уыдон, уæд ын бынтон цæсгом нал вæййы. Сæ удтæй сын фæхъазы йæ зæр- дæйы фæндиаг. Æмæ Цуцайæн та æдзух йæ фæсхъус бадт уыцы тас. Ноджы йын Саучызг йæ хабæрттæ куы фæдзырдта, уæд уыцы тас йæ фæсхъусмæ æнгомдæр ба- бадт æмæ дзы æддæмæ рахизинаг нал уый... Гъе, æмæ ма абон фыццаг хатт федта йæ цæстыты фаг, йæ зæрдæйы фаг банкъардта нæлгоймаджы змæлд, йæ февнæлд, йæ арæхстджын архайд. Фæрæт йæ къухы куыд хорз фидыдта, уымæ кæсгæйæ-иу йæ къухтæм ра- мæсты ис æмæ-иу сæ нылгъыста йæхинымæры: «Æ, сыджыт уæ бахæра, кæд цавæр æнæарæхст стут! Уæдæ уый йæ мады гуыбынæй рахаста уыцы арæхст- дзинад? Æви сымах мады гуыбыны нæ равзæрдыс- тут?» — æлгъыста-иу сæ, фæлæ-иу æм йæ къухты уы- нæргъын, сæ хъынцъым куы сыхъуыст, уæд та-иу йæ зæрдæ фæтæнæг ис. «Цы нын уайдзæф кæныс? — хъынцъымгæнгæ-иу æм дзырдтой йæ къухтæ. — Мах дæр мады гуыбыны рав- зæрдыстæм, уæдæ æндæр кæм хъуамæ равзæрдаиккам, фæлæ нæ æрдз фæрæтыл, цæвæгыл, гутоны сиучытыл ,хæцынæн нæ рафæлдыста. Мах стæм, дæуау, сылгойма- гау, не ’сфæлдисæг нæ кæмæн бахай кодта, уымæн йæ- хийау уæздан митæн: уæливыхтæ кæнынæн, дзыкка ара- зынæн, нæлгоймагыл узæлынæн, хъæбулты сæ мæдты 102
риутæм æлхъивынæн. Ды та нæ æндæр цыдæртæ домыс. Уæдæ ма уæртæ дæ фæрæтджын хъуымызбыл лæппуйы уæларынг балæууын кæн ссад луарынмæ, кæддæра уым дæр афтæ арæхсиккой йæ арæхстджын къухтæ?» — Ныххатыр мын кæнут, мæ къухтæ,— адæймаг ис- кæмæй куыд фефсæрмы вæййы, афтæ-иу фефсæрмы ис йæхи къухтæй... — Дæхи фæндиаг байрæзæд, Госæ, дæ хъæбул. Тых- джын дзæбæх лæппу у, — æппæлыдис дзы Госæйæн, сæ митæ куы бакодтой æмæ фæрссаг уаты ныхасыл куы ’рбадстысты, уæд. — Цæй лæппу дзы ис нырма, дæ нывонд фон, фæлæ нæ æмбисонд баййæфта æмæ цы кæнæм? Йæ хисдæртæ дыууæйæ уыцы фыдбойнаджы балцы сты. Ныр та бын- тон уынгæджы фестæм. Цæмæйзон кæд сыстдзæн ацы лæг, — бахъынцъым кодта Госæ æмæ йæ хъынцъым цæ- мæндæр уайдзæфы хуызæн фæкаст Цуцамæ. Цыма уы- мæн уайдзæф кæны, афтæ йæм фæкаст æмæ тынг нын- къард. Йæ уды равгыл ын цыма ихы къæртт æрæппæр- стæуыд, афтæ йын ауазал ис æмæ йæ бон налдæр дзу- -рын уыд, налдæр змæлын. Афтæ бандзыг ис йæхими- дæг. Уый фæхатыд фæлтæрд Госæ æмæйæ афарста: — Цы кодтай, цы, дæ нывонд фон? Мацы дæ срисса? Цуца дзургæ ницы скодта. Чысыл базмæлыд. Æниу ын ныртæккæ уый дæр зын уыд, фæлæ дзы æндæр хос нал уыд: йæ цæссыгтæ суанг уадулты къуыппытæм æр- хæццæ сты æмæ сæ асæрфын хъуыд. — Кæугæ кæныс? — фæзылд æм Госæ æмæ йын йæ уæхсчытæм февнæлдта. — Мæ мардыл фæку, куынæ мын зæгъай, цы кодтай, уый? Цуца фæтарст ацы сомыйæ æмæ йын æнæдзургæ нал уыд. Уæддæр йæхиуыл не ’схæцыд, афтæмæй кæуын хъæлæсæй сдзырдта: — Ныр бæргæ ницы кодтон, фæлæ уæд нæ тæккæ кæрты мæ уæраг куы асастаид. Æддæмæ дзы куы хыз- тæн, уæд куы асастаид мæ уæраг. — Кæд, кæ? — ницы йын бамбæрста Госæ. — Мæ надзахи сымах лæгмæ куы хастон, уæд. — Пуй, менæуынон фæу, — узæлæн схуыст æй акодта Госæ æмæ бахудт. — Чидæр, дам, арс федта æмæ иууыл арс, арс кодта... Гæбæционы хин æмæ кæлæн митæй нæ хъæубæстæ иууылдæр зæрдæцъæх сты. Уым ды цы азым- джын дæ? Ныр ыл дзы дзæбæхтæ афыхт, фæлæ ма-иу кæс, æндæра йын зондзонæн фæуа. Нæ йын фæуыдзæн. 103
Куыддæр рабада (йæ лæг, дам,' афтæ дзырдта, дæл- гоммæ йеттæмæ, дам, ын уæлгоммæ æрхуыссæн нæй. Нырма дæр, дам, йе ’рбадæн, куыйтæ йын æй бахæрой, сындзытæй йедзаг у), о æмæ куыддæр рабада, афтæ та цæттæ кæндзæн йæ радон фыдбылыз, æмæ йæхицæн та — радон над. — Æмæ ма йæ исчи фæнадта?—дисгъуызæй йæ афарста Цуца. — Дæуæй дарддæр,- алы сылгоймаг дæр. Мæ мард фен, иу дæр дзы нал баззад, ууыл йæ арм чи не ’ры- вæрдта. Бирæтæ та дыгай хæттыты дæр. Ныр дæ рад у. Кæд уал дæ разæй искæмæ фæныхила, уæддæр дæ аф- тæмæй нæ ныууадздзæн. Æвæццæгæн ын дæсныйы амынд. У- — Саубон мыл, æмæ мæ къух куыд хъуамæ райсон искæмæ!—йæ къухтæ йæ хъæбысы нытъыста Цуца, цы- ма йын искæмæ лæбурдтой, уыйау. — Мæн дæр мæ къухтæ нæ хордтой. Мæ сывæллæт- тæй дæр никуы никæй рацъыкк кодтон, фæлæ мæм кас- тæ: цæф арсæй æгъатырдæр уыдтæн уыцы уысм. — Уæдта йæ кой дзæлзæхх фæуæд! — йæ къух ауыгъ- та Цуца æмæ раст æрбадт. — Гъе, уый дын растдæр хъуыды у, фæлæ нæ лæ- джы фæрынчыны ды дæхи ма азымджын кæн. Алчи дæр æй зоны. — йæ уæрагыл ын йæ арм æруагъта Го- сæ æмæ йæ уæнгтæ уыцы дзæбæх хъарм куы банкъард- той Цуцайæн, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йæ мады цур бады, цыма йæ мады Узæлдæй ахæм дзæбæх æхцондзи- над банкъардтой йе уæнгтæ. Иæхи бакъул кодта Го- сæйырдæм. Йæ риуыл ын йæ рус бандæгъта. Хæрдмæ йæм скаст уыцы уымæл æрттывдгæнæг цæстытæй æмæ афтæ зæгъы. — Цæмæндæр мæм афтæ кæсы, Госæ, цыма мын дæ арм кæны мады армы ад. — Цæмæндæр та цæмæн зæгъыс, æз дын амæлон? — дисгъуызæй йæ афарста Госæ. — Уæдæ йæ æндæр куыд зæгъон? — цыма йæ куыд зæгъа, уымæй фарста Госæйы, ахæм лæгъстиаджы цæс- тæй йæм скаст, фæлæ йæм дзуаппмæ нæ банхъæлмæ- каст. — Мады ад нæ базыдтон иуæрдыгæй дæр æмæ ин- нæрдыгæй дæр. Зонгæ цы? Уырзы бæрц дæр æй нæ бан- к’ьардтон. Æниу, мæхирдыгæй фарс кæмдæр, — ныр ра- хибар кодта йæхл Госæйы хъæбысæй. Раст æрбадт,. стæй йе ’ргом йемныхасгæнæджырдæм аздæхта. — Табу* 104
дæ фарнæн, фæлæ мæ сывæры чысыл куы базмæлыд; уыцьгмæлинаг, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма дунейыл* мæнæй амондджындæр сылгоймаг нал ис. Æндæр чи~ дæртæ дæр ма кæддæрты ахæм æхцондзинад банкъард- таиккой, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Нæдæр* ыл хъуыды кодтон. Нæ мæ фæндыд æмæ уыцы æхцон удызмæлд мæхуызæн дзæбæх исчи банкъардтаид. ■ Нæ зонын, кæцæй мæм æвзæрд ахæм æдылы хъуыды, фæ- лæ, æвæццæгæн, мæхæдæг мады ад кæй нæ бавзæрстон, уый хыххæй. Уый тыххæй мæ фæндыд, æвæццæгæн, цæ- мæй йæ æз, мæ сывæры чи базмæлыд, уый фæрцы ды- вæрæй банкъардтаин: мæ мады хардз дæр æмæ мæхи хардз дæр... — Дæ мады кой цыдæр куырмæлхынцъæй кæныс, Цуца, æмæ дын ницы æмбарын,— йæ дзырд ын фес- къуыдта Госæ. — Дæ сывæры хъуыддаг кæддæр мæ хъу- стыл æрцыд. Куыд, цы, уый нæ, фæлæ кæй февзæр дæ, уый фехъуыстон æМæ дæ уый тыххæй бæстæтты нæ фæр- сын. Дзуринаг цы уа, уый мын дæхæдæг зæгъдзынæ. А-дæ мады кой та ахæм хуызы цæмæн фæкæныс? — Уымæн дын зæгъын, гъе,. Госæ, дæ узæлд мады узæлды ад кæны, зæгъын, — хæстæгдæр æм бабадт æмæ йæм ноджы йæхи бакъул кодта, цæмæй йыл ныдзæва.— Æвæццæгæн, цæстытæ цæстыты афтæ дзæбæх нæ уы- нынц. Кæрæдзимæ комкоммæ кæсынц, фæлæ кæрæдзи нæ уынынц. 'Зæрдæ зæрдæйы хуыздæр уыны. Ныр ацы дзæбæх æнкъарæн, дæ узæлд мады узæлды ад кæй кæ> иы, уый æз мæ зæрдæйæ дæ зæрдæйы мидæг куыиæ федтаин, уæд æй мæ цæстытæ дæ цæстыты мидæг, æвæццæгæн, иу мин азмæ дæр не ’ссардтаиккой. Мæ зæрдæ та йæ фыццаг уысм дæр федта. Уыцы дзæбæх æй федта æмæ мын æй уый бацамыдта. Ныр мæ ноджы тынгдæр бауырныдта мæ зæрдæйы ныхас. Кæсыс, цас цæрын ам æмæ мæ нырма афтæ никуы ничи бафарста... — Куыд, дæ нывонд фон? — нæ йæ бамбæрста Госæ æмæ йын йæ ныхас фескъуыдта. — Дæ мады кой ахæм хуызы цæмæн фæкæныс, зæгъ- гæ? — Æмæ-иу уæдæ зæрондимæ цæуыл ныхас кодтат? Æппын дæ никуы бафарста? Æви йын, чи зоны, фадат нæ лæвæрдтай? — фæлварæджы каст æм бакодта. — Мæнæ дæуимæ куыд ныхас кодтон æмæ кæнын, афтæ-иу фæлвæрдтон. Уый мæм йæ хъус никуы æрдард- 105
та. Иууыл уыд йæхи хабæрттæ дзурыныл, науæд та-иу ,мæ фæдзæхсгæ кодта... — Цæмæй дæ фæдзæхста, уый зонын æмæ дæ фæр- сгæ дæр нæ кæнын,- фæлæ цымæ йæхæдæг уыцы мидæг- дон ныуæзтæй цахæм фиу батыхта? Иæ бархъомыс ын ныссастой Дзылытæ æмæ ма уый та йæ бархъомысы цъæлтыл дæу цæмæн кæлын кодта, йе гæр фæкала, — фæстаг дзырдтæ хъынцъымгæнæгау рауадысты Госæ- йæн. — Цы саразон, — йæхи бакъултæ кодта Цуца.— Мæхæдæг дæр, æвæццæгæн, фылдæр бархъомысы хицау нæ уыдтæн, уый йеттæмæ цæмæн басастæн?.. Фæлæ мæнæн æндæр гæнæн нæ уыд. Мад, фыд, хисдæр хотæ æмæ æфсымæртæ, æрвадæлты тызмæг рæвдыды бын чи не ’схъомыл уа, уымæ кæцæй хъуамæ æрцæуа бархъо- мыс? Мæнæн та уыдонæй... Уыдаиккой, уæдæ, мыййаг, уæларвæй куы нæ< æрхаудаин, фæлæ дзы æз никæй ад базыдтон. Йæ къахыл æдæрсгæ чи нæма ауад, афтæмæй уынджы къæйыл æнæ мæн у зæгъæгæй чи баззад, уый кæмæй цы хъуамæ радома?.. — Дзылытæм æрхауыны онг дæр цыма дæ-цард иу- уыл бæллицагтæй нæ уыд, мæ зæрдæ мæм афтæ дзу- ры, — йæхи йæм бахæстæгдæр кодта Госæ дæр. — Ис- тытæ мын дзы радзур, дæ нывонд, фон. Кæрæдзи ха- бæрттæ цас фылдæр æмæ хуыздæр зонæм, уыйас нын кæрæдзи зæрдæта?м æнцондæр кæсæн уыдзæн. — Хæдзары, бинонты хицау дæ æмæ дæ мæ цуры бадынмæ кæм æвдæлы, — йæхи бакъултæ кодта Цуца, — стæй дæр мæ уæззау царды уаргъæй дæуæн дæр цы хай кæнон? Ныртæккæ алчи йæхи царды уаргъ дæр зынæй куы хæссы. — Æвдæлгæ дæр мæ кæны æмæ дæ хъысмæты уæ- зæй дæр ницæмæй тæрсын, — йæхи бауыгъта Госæ. — Нырма ахæм зæронд нæ дæн æмæ, иу дзæбæх усмæ цы æмбæлы, ахæм уаргъы бын фæкæлон. Кастæ Гæбæцион- мæ? Уый мæнæй фидæрттæ- конддæр зыны, фæлæ йæ. мæ быны куы æрныуæрстон, уæд ма змæлын дæр сфæ- рæзта? — Нæ, фæлæ, æцæг, афтæ æнæбон у, æви ды бынтон уæйыг дæ? — йæ худын тыхæй уромгæйæ дзуры Цуца. — Афтæ æнæбон дæр-нæу, фæлæ йæ йедзæсгомдзи- нады уавæр æрцахсы æмæ йын уый бынтон асæтты йæ тых... Цæй, уый авд дæлзæхх фæуæд, ды мын радзур дæ хабæрттæ... 106
* * * Фæззыгон мæцъæл бон уыцы хъизæмаргъуызæй хи- лы. Йæ зæрдæ ницæмæй рухс кæны. Хур дæр ма уыцы пу æрттывд фæкæны. Дуне, æрдз, бæстæ ма йæ адыл ис æви нæ, цыма уый бæрæггæнæг æрбауайы, уый æрт- тывд фæкæны. Йæ цæст ахæссы алырдæмыты æмæ та ацæуы. Æвæццæгæн, уымæн дæр йæ зæрдæ ницæмæй ба- рухс вæййы æмæ уымæн атагъд кæны, науæд уый ца- вæр ^у? Иу_ чыеыл, афæстиат кæн арвыл! Афæстиат кæн, æмæ ма фæззыгон мæцъæл бон дæр дæ тынтæм йæ уа- зал фæрстæ батава. Æй, уæд мæ тæригъæд уа ацы дуне рафæлдисæджы! Алчи æмæ алцы кæд кæны æр- мæст йæхи мæт. Æз, дам, дын дæ хъизæмар ма уынон, фæззыгон мæцъæл бон, уый йеттæмæ, дам, ды зымæджы амæттаг дæр фæу. Æз, дам, дæ ма фенон удхаргæнгæ, æндæр, дам, дын зымæг дæ фæччитæ ныссæлын кæнæд, сæ ихфæдзæлтæ, дам, дын зæхмæ куыд æрæххæссой, ахæм бон, дам, дыл акæнæд! Уый та дын хуры хъуыд- дæгтæ! Дунейыл цыдæриддæр ис: адæймагæй тулдз бæ- ласы онг, дзынгайæ пылы онг — иууыл уымæн табу кæнынц. Уый та фæззыгон мæцъæл бонæн дæр нæ ба- тæригъæд кодта. Æниу, бон йæхæдæг истытæ кæндзæн, фæлæ йын цыдæр йæ удмæ æвналы. Цыдæр ын йæ зæр- дæйы уидæгтæ æлвасы æмæ уый тыххæй йæ хъизæмар дывæр кæны. Æмæ боны удæй афтæ чи хъазы, уый хур дæр федта, фæлæ йын йæ тæригъæдмæ кæсын нæ ба- фæрæзта æмæ дзы йæхи бааууон кодта... Уыцы арфæ- йаг, æвзæр хур! Горæты кæрон иу хæлд хæдзары дуры цæндтыл йæ бæгънæг сыд къухтæ æмæ къæхтæй хилы, йæ уæлæ гæ- зæмæ бызгъуыртæй дарддæр кæмæн ницы ис, ахæм хæрз къаннæг сывæллон. Хилы, фæлæ ма уый цæй хылд у? Куы иуæрдæм ахауы, куы иннæрдæм афæлдæхы. Кæугæ дæр кæны, фæлæ уый цæй куыд у? Æнæбары хъинцъы- ты хуызæн цыдæр ма сыхъуысы йæ салд былты ’хсæнæй. Уæддæр нæ сæтты! Уæддæр та слæууы, уазалы чи ныс- сырх, уыцы гыццыл" гæккытыл. Сысты та! Æ, уас дæ мад макуы амæла цард, кæд куыд зынаргъ æмæ куыд адджын дæ! Нырма ныхы сæры йас нæу уыцы саби. Стæйдæр ма дзы цæй саби ис! Уазалы бампылд, баруад, фæлæ уæддæр уарзы цард. Нырма йæ зонгæ дæр, чи зоны, нæ кæны, уæддæр æй уарзы, уæддæр ын адджын У æмæ йæ хæдзары хæлддзаджы дуры цæндтыл агуры. 107
Хæдзары хæлддзæгты цурты æрбахызт иу ацæргæ лæг. Иæ сæрыл зæронд уæлдзарм худ, йæ уæлæ фыс- дзармæй кæрц. Цæуы æмæ кæсгæ ничердæм кæны. Æр- мæст йæ размæ кæсы. Исдуг йæ зæрды уыд хæлд хæ- дзарырдæм бакæсын, фæлæ нæ бакаст. Зыны йыл, зæр- дæцъæх сæ кæй у. Æмæ цæуы. Цæуы йæ къæхты раз- мæ кæсгæйæ, фæлæ цыма уыйхыгъд йæ хъустæ тынг хъахъхъæнынц фæйнæрдæм, афтæ зыны. Рæстæгæй- рæстæгмæ фæлæууы. Йæ сæр сындæггай, æрмæст йæ сæр, цæстытæ—нæ, куы иуæрдæм, куы иннæрдæм гæ- зæмæ азилы æмæ та ацæуы. Ам дæр фæлæууьгд. Стæй ацыд. Фæлæ сарæзта æрмæст иу къахдзæф æмæ æрдæг. Ныр йæ сæримæ цæстытæ дæр фæзылдысты æмæ... Ду- ры цæндтыл афтæ багæппытæ кодта, цыма искæй цæ- хæры судзгæ уыны. Сывæллоны фелвæста, кæсгæ йæм не ’ркодта, афтæмæй йæ йæ кæрцы мидæгæй йæ риу- мæ балхъывта. Дзæбæх æй æрбатыхта, æмæ, йæ тых цы уыд, йæ къæхтæ йæ цас хастой, уымæй лыгъд горæты уынгты. Лыгъд æмæ кæйдæр æлгъыста. . Афтæ тынг лыгъд, афтæ тынг æлгъыста æмæ- лæг загътаид, ацы зæронд сæрра ис, мæгуыр, æмæ лидзы, лидзы, мæлæт æй кæм æрæййафа, уырдæм... Сидзæрдоны къæсæрыл æй, мыййаг, афтæ куы ничи бафарстаид, чи дæ æмæ дæ цы хъæуы! Ь\æ хур акæнГ Уайтагъд дыууæ сылгоймагæй йæ размæ рауадысты. Йæ кæрцы тæрттæ йын акъахтой æмæ... — Цымæ йæ мыггаг кæмæй уыдзæн, ницы йын зо- ныс, мыййаг?—зæронд лæджы дзы афарста иу. — Ныууадз ма мæ, дæ хорзæхæй, — сбуцтæ йыл код- та лæг. — Кæй йын бафарстаин йæ мыггагæй? Хæдзар дзы нал уыд. Р1æ алыварс дæр — никуы ничи. Дуры цæндтыл хылд æмæ... — О, æмæ хæдзар куы ныккалд, уæд ма куыд аир- %вæзт ацы тæригъæддаг? Куыд нæ йæ ныцъист кодтой дуртæ сæ быны? — бадис кодта сылгоймæгтæй иу æмæ йæм зæронд лæг мæсты зылд фæкодта. — Цытæ дзурыс, цы1? Ахæм куыйтæ сты... — раст уыцы рæстæджы фæсхæдзарæй рауад иу мæллæг урс куыдз. Йæ къæдзил тилгæ зæронд лæджы размæ скаст. Уьтй йæм каст; æххормаг куыйтæ куыд зонынц, афтæ, исты æнхъæл цæстæнгасæй, фæлæ^лæгмæ æндæргъуызон фэёкаст æмæ дзы фефсæрмы ис. Йæ сæрæй йыл суанг йæ фæскъæбутмæ йæ къух æруагъта. Узæлыд ыл, цыма .йæ разы йæхи раст кодта. Узæлыд ыл æмæ дзырдта: 108
— Ныххатыр мын кæн. Уыцы æнаккæгты дæ номæй кæй рахуыдтон, уыдон æмгад дæ гæй акодтон, уый мын ныххатыр кæн. Лæгæй йæ фыртыхстæй цы нæ сирвæзы. Æмæ мын ныхатыр кæн. Уыцы æнаккаг меншиктæн æппындæр ницы сырдимæ ис абарæн. Бирæгъ бирæгъ у, фæлæ уымæ дæр æнахъом саби куы бахауы, уæд æй йæ цæст хæрын нæ бауарзы æмæ йæ схъомы’л кæны. Ацы цъаммæрттæ та уæртæ уый хуызæн саби кæм баййа* фынц, уырдыгæй йæ рахæссынц æмæ йæ искуы хæдза- ры хæлдмæ баппарынц, стæй ма, дам, ауылты куы ра- цæйцæуæм, уæд æм бакæсæм, æндæра цытæ кæны. Дет- тæ уыцы гыццыл муры дæр’ кæцæйдæр рахастой æмæ йæ уыцы хуызы баппæрстой уырдæм... — Æ/ ахæм зæрдæ кæй риуы ис, знаджы хъæбулмæ дæр ахæм цæстæй чи ракæса, уый хæдзары саби макуы •бахъомыл уа, уымæн йæ байзæддаджы байзæддаг дæр хуыскъ æмæ уырыдæй ссарой сæ адзал, — фыдæлгъыст кодта иу ацæргæ сылгоймаг. — Цæй, мæн не ’вдæлы, — йæ къух ауыгъта зæронд æмæ фæзылд. Ацыд афтæ дзургæ: — Цæмæйзон, ныр- тæккæ ма цал ахæм сабийы хилынц уазал дурты цæнд- тыл. Агурын сæ хъæуы. — Мæгуыр дæ бон фæуа, Росе, — йæ фæдыл йеудо- дойгæнæджы цæстæй кастысты сылгоймæгтæ æмæ дзырдта сæ иу.'—Хæдзары дзаг бинонтæй йын иу нал баззад. Фæцагътой йын сæ. Ныр йæхæдæг уынгты зи- лы æмæ æнæхицау сывæллæтты æмбырд кæны. Никæ- мæй æмæ ницæмæйуал тæрсы... Сывæллоныл аудджытæ дыууæ къорды фесты: иутæ йын архайдтой йе нæниздзинад æрнывыл кæпышлл, шшæ- тæ та — номхыгъды йæ ауадзыныл. Сомбон æй ном, мыг- гаг хъæудзæн æмæ йын сæ абон ам куы нæ раттой, номхыгъды йæ куынæ ауадзой, уæд ын æндæр гæнæн нæй, æмæ сæм хъаугъа дæр рауад, кæйдæрты фæндыд, цæмæй йæ сæхи ^ мыггагыл ныффыстаиккой. Уыдонæй алчи дæр хъуыды кодта: «Ацы фыд-заманы адæм цагъ- ды кæнынц, æмæ ма дæ кадавар мыггагыл иу дзынга куы бафта, уæд уый дæр ныфс у». Директор, фидæрт- тæ конд саулагъз сылгоймаг сæм иудзæвгар фехъуыста, стæй номхыгъды бафыста: «Рохаты Цуца Мæцыхъойы чызг». — Ацыт, гъеныр уæ фистæджытæ — дæлæты, уæ бæх- джынтæ — уæлæты, æндæра мын цы ракæниккат, — 109
хъазгæйæ афтæ бакодта хъаугъагæнджытæн, стæй чи- ныг бахгæдта æмæ йæ скъаппы бавæрдта. ...Цуца куы ’рхъарм ис, фынæй æмæ хæлцæй куы бафсæст, уæд æнæууæнчы кæстытæ райдыдта йæ алы- варс. Алкæй цæсгомыл дæр-иу баурæдта йæ цæстæнгас. Дзæвгар-иу æм фæкаст. Æвæццæгæн дзы йæ мады цæс- гомы æнгæстæ агуырдта, мæгуыр, фæлæ-иу дзы ахæмæй куы ницы ’ссардта, уæд та-иу йæ цæстæнгас уыцы уæз- зауæй рахауд æндæр сылгоймагмæ. Рахауд-иу, мæнæ хохæй цæф дзæбидыр куыд рахауы, ахæм уæззау хау- дæй. Афтæ сыл фæзылд, стæй скуыдта. Скуыдта тынг зæрдæхалæн куыдæй. Дзырдта йæ гыццимæ. Афтæ зæр- диагæй, афтæ тæригъæддаг хъæлæсæй йæм дзырдта, æмæ йæ алыварс уæвæг сылгоймæгтæй алчи дæр йæ цæссыг сæрфгæ йæхинымæры дзыназæгау кодта: «Æ, тæхуды, ныр æз дæ гыцци куы фестин æмæ мæм дæхи гыццийы уарзæгой цæстæй куы ракæсис». Фæлæ тæху- дыйæ цы ис? Æмæ сывæллон иу дзæвгар фæкуыдта, стæй та бафынæй. Тагъд фæцайдагъ ис Цуца й-æ ног гыццитыл, йæ ног хотæ æмæ æфсымæртыл. Афтæ цингæнаг, афтæ уарзæ- гой сывæллон разынд, æмæ-иу йæ хъомылгæнджытæй йæ цæст кæуыл схæцыд, уымæ-иу узгæ-узгæ (нарст сы- вæллон уыд æмæ хъазы лæппыны цыд кодта) бацыд аф- тæ дзургæ: «Мæхи гыцци, мæхи дуду гыцци, æз æппын- дæр дæуыйас ннкæй уарзын, дæуæн дæ гуккытæ дæр фæлмæн сты, дæуæн дæ гæби дæр хъарм у, дæуæн дæ рустæ дæр адджын сты, дæуæн дæ сæры хъуынтæ дæр фæлмæн сты», — ацы ныхæстæ кæнгæйæ-иу йæ гыццыл пух къухтæ хаста, кæуыл узæлыд, уый цæсгомыл, уый сæрыл, пъатæ-иу ын кодта йæ былтæн, йæ рустæн, йæ сæры хъуынтæн, йе ’фцæджы-иу тыхстис. Ахæм рæстæ- джы-иу уыцы хъомылгæнæг иннæты ’хсæн йæхи æн- къардта уæлдай амондджындæрыл, Цыма йæм дунейы фарн йæхæдæг æрцыд æмæ йыл уый узæлы, афтæ-иу каст йæхимæ. Æмæ-иу æм уæд иннæтæ та мæсты æмæ хæлæг кодтой. Фæлæ Цуца уыцы «амондæй» æнæхай никæй уагъта. Алкæй дæр дзы хайджын кодта æрвыл бон дæр æмæ йæ уый тыххæй иууылдæр уарзтой хи хъæ- булау. 110
% # # — Сæ ныййарджыты фарсмæ чи уыд, уыцы сывæл- лæтты’царды, уагæн ницы зыдтон æмæ мæм, чизоны, уымæн афтæ каст, фæлæ æз хъуыды кодтон афтæ: си- дзæрдонæй хуыздæр, уымæй цымыдисондæр цард æппын- дæр никуы у. Уæдмæ хæст фæцис, бæстæ æрсабыр. Не ’мбæлттæй кæмæн разынд йæ фыд, кæмæн йæ мад, кæ- мæн дыууæ дæр, кæй та бацагуырдта йе ’ввахс, кæнæ дард хæстæджытæй исчи. Акодтой-иу сæ æмæ та-иу рæстæгмæ сидзæрдон цыдæр æнкъардгъуызæй аззад. Фæлæ уыцы æнкъарддзинад бирæ нæ хаста. Цард-иу кæнæ йæхигъæдæй æрбадт йæ гаччы, кæнæ та-иу нæм ногæй искæй æрбакодтой æмæ-иу уый цыдæр йæхирды- гон æнкъард æмæ хъæлдзæгдзинад æрбахаста. Ногæй-иу нæм æрбахаудысты, нырмæ йæ мадимæ кæнæ йæ хæстæ- джытæй искæмæ чи уыд, фæлæ сæ фыдтæ хæстæй кæ- мæн на’л æрæздæхтысты æмæ уыцы мæгуыр рæстæджы сæ мæдтæ кæнæ сæ хæстæджытæ сæ дарынæн кæмæн ницыуал фæрæз ардтой, ахæмтæ. Куыдтой-иу, мæгуыр, чи сæ-иу æрбакодта, уыдон фæстæ, уый фæстæ дæр. Бирæтæ-иу дзы афтæ зæрдæхалæн куыдæй куыдтой, æмæ-иу арæх негас дæр кæуын райдыдтам уыдонимæ. Æвæццæгæн-иу уымæ кæсгæйæ алкæмæн дæр, æгæр- стæмæй, мæнау, йæ ныййарджыты бынтондæр чи нæ хъуыды кодта, фæлæ кæддæр æмæ кæмдæр кæй уыдаик- кой, уый æнкъарын чи байдыдта, уыдонæн-иу сæхи уæз- зау хъысмæттæ бакъуырдтой сæ гыццыл зæрдæтæ, æн- дæра сæм искæй маст цæмæн афтæ арф хъардтаид? Нæ зонын. Уæд ыл мæ бон нæ уыд хъуыды кæнын, æниу ыл куы хъуыды кодтаин, уæддæр ын цы мæ бон уыд бамбарынæн? Афтæ цыд сидзæрдоны цард. Иутæ æддæмæ цыдыс- ты, иннæтæ—мидæмæ. Куы-иу, раздæр цы уыдыстæм, уымæй фылдæр фестæм, куы та — къаддæр. Æмæ уын руаджы нæ царды уадиссаг ивындзинæдтæ ницы цыд. Æниу дзы ивындзинæдтæ дæр куыд нæ цыд? Мæхиуыл зерцыд ахæм хабар: «Иу мæхийас чызгимæ тынг схæ- лар стæм. Нæ хæрд, нæ хъазт, нæ цыд иумæ уыд. Нæ еынтæджытæ дæр фæрсæй-фæрстæм уыдысты. Мах-иу сæ æхсæв, фынæй агъоммæ, кæрæдзимæ æрбаиу кодтам ^мæ хуыссыдыстæм кæнæ уый, кæнæ та мæ сынтæджы. Хъазыны рæстæджы-иу нæм исчи куы æрбацыд, уæд ма-иу чысыл æфсонæн ахъазыдыстæм уыимæ, стæй-иу 111
:нæхи æндæр ранмæ айстам... Иу хатт аем æрцыд иу бæрзонд, тынг рæсугъд сылгоймаг. Уый ме ’мбалмæ. Мæ хойы чызг у æмæ, дам, æй хъуамæ акæнон мемæ. Рад- той йын æй. Радтой йæ, æмæ куы цыд, уæд мæныл бæс- тæ куыройау разылд. Цыма уый мæ мад дæр уыд, мæ фыд дæр, мæ хо, ме ’фсымæр дæр, æмæ мын æй куы акæной, уæд мын адунейыл æппындæр ничиуал баззай- дзæн, афтæ мæм каст æмæ куыдтон. Тынг зæрдиагæй куыдтон. Уый мæ рæвдыдта, мæ сæр мын лæгъзытæ кодта æмæ мын дзырдта. Цыма знон уыд, афтæ мæ зæрдыл лæууы, цы мын дзырдта, уый: «Ма ку, мæ чызг. Æз дæм æрцæудзынæн æмæ дæу дæр акæндзынæн. Акæн дзынæн дæ æмæ иууылдæр иумæ уыдзыстут». «Гъеныр мæ цæуылнæ кæныс, уæдæ?»— бафарстон æй мæ цæссыг- тæ ныхъуыргæйæ. — «Ныр мын иу сынтæджы йеттæмæ нæй. Æртæйæ йыл куыд хуысдзыстæм? Æз тагъд бал- хæндзынæн ног сынтæг. Акæндзынæн дæ æмæ йыл уæ дыууæ иумæ хуысдзыстут». «Уæдæ мæ нæ фæсайдзы- нæ?» «Нæ дæ фæсайдзынæн, мæ чызг». Кæй зæгъын æй хъæуы, «фæсайдта мæ», фæлæ йæм æз уæддæр æн- хъæлмæ кастæн. Кастæн æм тынг æрхæндæгæй. Налдæр мæм хæрын цыд, налдæр хъазын. Æдзух. лæууыдтæн къулдуары цур æмæ кастæн фæндагмæ. Хъомылгæн- джытæй-иу мæм исчи куы ’рбацыд æмæ-иу мæ мидæмæ куы кодта, уæд-иу æз кæуынæй æнæхъæн сидзæрдоны кæрт-мæ сæрыл систон. Тæрсгæ кодтон, зæгъын, æз ца- лынмæ кæрдзын хæрон, уæдмæ куы æрба’цæуа. Ам мæ куы нæ æрбаййафа æмæ фæстæмæ куы аздæха. Уый тæссæй æхсæв дæр нæ фынæй кодтон. Фынæйæ мæ, зæгъын, куы æрæййафа, куы нæ мæ райхъал кæна æмæ... , Мæ хъомылгæнджытæ мæн тыххæй куыд тынг мæт кодтой, уый æппын æрæджиау райдыдтон хатын. Æвæц- цæгæн, уæдмæ рæстæг дæр йæхион арæзта. Мæ зæрдæ уымæй цас æвдæлондæр кодта, уыйас æй тынгдæр æв- дæлд сидзæрдоны цардмæ æркæсынмæ. Æмæ уæд фæ- хатыдтон, мæ хъомылгæнджыты катай. Æз сын фæтæ- ригъæд кодтон мæ сабион зондæй. Уый, æвæццæгæн, мæхæдæг бафæлладтæн æнхъæлмæ кæсынæй æмæ мæ бон нал уыд æххормаг æмæ æнæхуыссæгæй æнхъæлмæ кæсын. Æвæццæгæн, мæхицæн фæтæригъæд кодтон æмæ хъомылгæнджыты катай дæр ’уымæн дзæбæх рахатыд- 1юн, науæд уыдон раздæр дæр афтæ катай кодтой... Фæстагмæ та райдыдтон хæрын, фынæй кæнын, хъа- -зын. Уыцы чызг дæр ма-иу æрлæууыд мæ зæрдыл, фæлæ 112
мæ куыд фæстагмæ дардæй-дарддæр цыд æмæ æппын- фæстаг бынтон адард ис. Куы’ дын загътон, зæгъын, мæм сидзæрдоны цардæй хуыздæр æппындæр никæй цард зынд. Æмæ уый æцæг- дæр афтæ уыд. Уый ноджы фæцымыдисондæр ис, скъо- ламæ цæуын куы байдыдтон, уæд. Æз иууыл тынгдæр дис кодтон сывæллæтты уæлæдарæсы уавæрыл. Мах, сидзæрдонæй чи цыд, уыдоныл иууылдæр уыд уыцы иу-~ гъуызон уæлæдарæс, иннæтæн та сæ дарæс уыд бйнтон æндæр æмæ æндæргъуызон. Цæм’æн афтæ у, уымæн мæ- хи зонд ахсгæ ницы кодта, искæй бафæрсын та мæ цæсгом нæ хъæцыд... Фæлæ уыцы хъуыдыфæливæнтæ бирæ нæ ахастой. Уайтагъд сыл фæцайдагъ дæн æмæ йæ хатгæ дæр нал кодтон. Æмæ ахуыр кæй кодтам, нæ хъомылгæнджытæй дарддæр нын ныр æндæр зонд- амонджытæ дæр кæй фæзынд,'уымæй ноджы фæцымы- дисондæр ис, фæхъæлдзæгдæр ис нæ цард. Фæзынд мын пог хæлæрттæ. Фæлæ уымæй диссагдæр та уыд, сидзæр- доны нæм ног, нæлгоймаг хъомылгæнæг кæй фæзынд, уый. Уый уыд бæрзонд, тынг фæтæнуæхск, саулагъз лæппу. Йæ цæстытæ ахæм тызмæгхæлар каст кодтой, æмæ сæм æз раздæр кæсын нæ у^ендыдтæн. Сусæгæй кæсын дæр сæм ,нæ уæндыдтæн, фæлæ сыл куьт фæца- хуыр дæн, уæд та сæм кæсынæй нал æфсæстæн. Уьтцы хъомылгæнæг-ахуыргæнæг куы ’рбацыд, тæккæ уыцы бон спортзалмæ æрæмбырд кодта, сидзæрдоны хъомылгæнинæгтæй чидæриддæр скъоламæ цыд, уы- дон. Æз дæр семæ уыдтæн. Слæууын нæ кодта рæбы- наг къулгæрон, йæхæдæг нæм куычдардæй кæсы, куы та нæм хæстæг æрбацæуы. Æз ын комкоммæ кастæн йæ цæсгоммæ. Æппæты разæй лæууыдтæн æмæ йын кас- тæн йæ цæсгоммæ. Уый уыцы дзæбæх фæливæнтæ кодта, гъе. Куы-иу ын ыл хъуызгæ мидбылхудт ахъазыд, куы та-иу амбæхста уыцы фæйлауæнтæгæнæг мидбылхудт æмæ-иу фæтардæр. Афтæ нæ цæстæнгасæй дзæбæх куы Фесгæрста, уæд нал бамбæхста, йæ цæсгомыл ньтрмæ Фæливæн-фæйлауæнтæ чи кодта, уыцьт мидбылхудт. Раргом æй кодта æмæ нæм хæстæг æрбацыд. йæ дьтн- 1>кыр æрмттæ се ’нгуылдзтæй кæрæдзи мидæг атыхта æмæ уьтцьт хъæлдзæггъуызæй афтæ зæгъьт: — Мæнæ цы диссаджы фæсивæд ис! Сымахимæ ба- к\тæн ис, кæд, уе ’ттаг бакаст куыд у, уæ хъару æмæ Уæ фæндондзинад, уæ тырнындзинад дæр афтæ цæсты ахадгæ разыной, уæд... 8- Къæбысты 3. 113
— Æмæ уæд цы ми кæндзыстæмР — афарста йæ иу лæппу. — Мах нæ тыхы ’руаджы кæйдæр къухæй цы царды уавæртæ байстам, уый ныр хъæуы бахъахъхъæнын. Æмæ йæ байсынæн цы хъуыд, æвыдæй йæ бавæрынæн æмæ йæ рæсугъддæр скæнынæн уымæй бирæ фылдæр тых æмæ хъару хъæуы. Цæмæй уыдон уой, уый тыххæй та нæ алцæуыл дæр фæлтæрын хъæуы суанг сабибонтæй фæстæмæ. Мах нырма бирæ хæттыты бахъæудзæн знæг- тимæ хъæбысæй хæцып, хыл кæнын. Цæмæй уыдонмæ адæймаг хорз арæхса, уый тыххæй та йæ физикон тых æмæ йе онджы фидардзинад, йæ арæхст кæрæдзи ма хъуамæ сайой, кæрæдзийы аккаг уой. Цæмæй афтæ уа, уый тыххæй та мах ахуыр кæндзыстæм физикон фæлтæ- рæнтæ æмæ уыдонимæ хъæбысæй хæцын æмæ хыл кæ- нын. — Чызджытæ дæр ахуыр кæндзысты уыцы хъуыд- дæгтæ"? — афарста йæ иу чызг. — Тых никæмæ бахæсдзыстæм, фæлæ йæхибарæй кæй фæнда, уый цæуылнæ? — йе уæхсчытæ фелхъывта ахуыргæнæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — æнæ- уый хыл кæныны фердæхтдзинад чызгмæ дæр куы уа, уæд уый иицы хъыгдары. Нырма бирæ цъаммар адæм ис зæххыл. Фысы царм чи скодта, ахæм бирæгътæ нс нырма æмæ уыдон кæддæриддæр архайдзысты нæ цар- ды уаг нын æнæад скæныныл, фæс’фæд рæттæй лæбур- дзысты сусæгæй. Ахæмтæ та вæййынц тæппуд æмæ сæ амæттагæн кæддæриддæр агурдзысты лæмæгъдæр адæп- маг. Гъе, уый зæрдыл даргæйæ, чызгæн дæр нæ базиан кæндзæн, хъæбысæй хæцын дæр æмæ хыл кæнын дæр куы зона, уæд. Мæ хъомылгæнджытæ мын дзырдтой; зæгъгæ, гыц- цылæй уыдтæ нарст æмæ тымбыл, фæлæ уыцы рæстæг- мæ та сдæн бæрзонд æмæ лыстæг. Хиталæджы хуызæн мæ хуыдтой, афтæмæй та мæхнмæ æнкъардтон, ме ’мцахъхъæитæм цы уыд, уымæй фылдæр тых. Лæппу- тæй дæр-иу кæмæ февыæлдтон, уый-иу уайтагъд зæххыл сæмбæлд. Гъе, æмæ мæ бафæндыд уыиы тыхимæ ма фердæхтдзинад дæр сахуыр кæнын. Æмæ номхыгъды мæхн куы фыссын кодтон, уæд ме ’мцахъхъæн лæппу- тæй чидæр ахуыргæнæгæн афтæ зæгъы: «Ацы мæлдзыг ма уыцы тыхимæ иоджы фездæхæптæ-фæзилæнтæ куы сахуыр кæна, уæд нæ иууылдæр стæгхъæнтæ кæндзæи, фæлæ йæ ма бауадз». 1И
— Æмæ йæ мæлдзыг та цæмæн хоныс? — дисгъуы- зæй йæ афарста ахуыргæнæг. — Мæлдзыджы хуызæнæй йæм куы ницы ис, уæд æй афтæ цæмæн хоныс? — Йæ ас цы у, уымæй бирæ фылдæр тых мæлдзы- джы йеттæмæ никæцы цæрæгоймæ ис æмæ уымæн. — Æмæ Цуца дæр ахæм тыхы хицау у? — Уый фендзынæ, кæд, æцæг, райдайа хъæбысæй хæцын, уæд... Уæдæй фæстæмæ мæ тынг бауарзта уыцы ахуыргæ- лæг. Лæппутæй фылдæр куыста мемæ, хуыздæр фæрæз- тæ мын амыдта æмæ... Æнæуый цы уыдтæн æмæ ныр цыхуызæн банкъардтанн мæхи! Мæхицæн бирæ стыр- дæртæй дæр, зæгъгæ, исчи йæхицæй æдыхдæры æфхæ- ры, фæнды чызг уæд, фæнды лæппу, никæмæн барстон. Алкæй сæрыл дæр-иу рахæцыдтæн. Стæй канд скъола- йы кæнæ сидзæрдоны нæ, фæлæ уынджы, æнæзонгæты ’хсæн дæр... Æниу, чизоны, афтæ куы нæ уыдаин, уæд мын хуыздæр уыдаид. Уæд мæ царды ницы ивындзинæд- тæ æрцыдаид, фæлæ... Иу хатт рацæйцыдтæн уынджы. Мæ разæй цыд иу зæронд лæг. Йæ иу къухы уыд лæдзæг, иннæйы та — йегъау къалати. Тынг уæззауæй хаста уыцы къалатийы æмæ цыд уæззау къахдзæфтæй. Æз мæ цыд фæтагъд- дæр кодтон, зæгъын, баййафон æй æмæ йын аххуыс кæ- ион, фæлæ йæм æххæст нæма бахæццæ дæн, афтæ лæг пæ къах цæуылдæр скъ^ырдта. Фæцудыдта.^Иæхи нал баурæдта, зæххыл ахауд. Афæлдæхт къалати дæр æмæ сырхфарс фæткъуытæ фæйнæрдæм апырх сты. Лæгмæ мæнæй хæстæгдæр æрбацæйцыд мæ цъахъхъæн лæппу- • æ æмæ чызджыты къорд. Æрбазгъордтой лæгмæ. Æз афтæ æнхъæлдтон æххуысмæ йæм лидзынц æмæ сæ Фæбузныг дæн, фæлæ фæткъуытæ уидзыныл куы арæ- >æг сты æмæ сæ се тæртты, сæ дзыппыты куы тъыстон, ^æд сæм балыгътæн æмæ сыл фæхъæр кодтон: — Иу фæткъуы дæр дзы чи ахæсса, уымæн йæхп йæ х^дзармæ мардæй бахæсдзысты, фæлæ сæ къалатийы Чь1ккæнут. — Нæ мæм байхъуыстой. Уæддæр сæ кæнон к°дтой, æрмæст дзы иу лæппу, сегасæй стырдæр æмæ ('И1'Джындæр чи уыд, ахæм (æвæццæгæн, уый сæ къор- Л1)1 раздзог уыд) уыцы былысчъилтæй æрбакаст æмæ пфтæ бакодта. —■ Дæ хиталæг зæнгтæ дæ кæйонг хæссынц, уыйонг '"æ пыхцыл сæр куы ахæссис, уæд дын пайдадæр уаид. 115
Махæй æнæхъæн горæты сывæллæттæ æмризæджы куы ризынц, уæд ды куыд банхъæлдтай? Æмæ æз уыцы уысм банхъæлдтон афтæ: мæнæ ацы тыхлæг уасæг мæ иу цæфæй кæд афæлдæха, уæд иннæ- тæ мæ къухы сты, æмæ мæ куыд фæнда, афтæ сæ фæ- хъаздзынæн. Айтæ-уйтæ нал фæкодтон, фæлæ дын æм уыцы-иу гæпп бакодтон æмæ йæ уыцы æнæнхъæлæджы, нæ ахуыргæнæг нын куыд амыдта, ахæм амалæй куы фæцæф кодтон, уæд лæппу канд хаугæ нæ, фæлæ цал- дæр сæрбихъуыройы акодта æмæ, чысыл фалдæр цы цъыфдзаст уыд, уым ныммидæг ис. Чызджытæ, уый ауынгæйæ, ныцъæхахст ластой. Лæппутæ фæсæццæ сты. Зынд сыл, мемæ хылыл схæцой æви нæ, ууыл дывæнд кодтой, фæлæ сæм цъыфдзастæй се ’мбал куы рахъæр кодта, цæмæ йæм кæсут, зæгъгæ, цæвут æй, уæд - се уæнгты баст феуæгъд ис æмæ дзы мæныл дæр афыхт, фæлæ уыдон асламдæр нæ аирвæзтысты. Уæдмæ зæ- ронд лæг дæр сыстад æмæ сæ уый та йæ уайдзæфтæй куы рацъыччытæ кодта, уæд ма сын цы гæнæн уыд: фæткъуыты къалатийы ныккодтой, сæ хисдæрæн йæ цъыфтæ ацæгътытæ кодтой, йæ фындзы бын дзы сырх туджы фæд кæмæн æрцыд, уыдон сæ фæсæрфтытæ код- той æмæ æрдхъирæнтæгæнгæ ацыдысты, фембæлдзыс- тæм ма, дам. Нæ уæ хъæуы, зæгъын. Мауал бабæллут ахæм фембæлдмæ, науæд уæ уæ мæдтæ нал базондзыс- ты. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй сын се онджы фыл- дæр тас бауагътаин, уый тыххæй дзырдтон, æидæра сæ мæхæдæг дæр куыд нæ тарстæн?^ Иуæн дыууæ æфсад куы сты, уæд уалæй. Фæлæ нын нæ ахуыргæнæг афтæ дзырдта, зæгъгæ, зæххыл иууыл’ тæссагдæр тых у тас. Тас кæй бархъомысмæ фæныхила, уымæн йе уæнгты куыры тых куы уа, уæддæр ыл иу къаннæг саби фæуæ- лахиз уыдзæн. Зæронд лæг йе ’муд тынг æрæгмæ æрцыд. Фæндаг- гæрон дурыл бадтис. Иæ лæдзæг йæ рахис дæларммæ ныббыцæу кодта, афтæмæй бадтис æмæ каст зæхмæ. Каст æмæ йæхиимæ дзурæгау хъуыр-хъуыр кодта: — Ай цы рæстæджытæ скодта? Адæм, æвæццæгæн, кæрæдзи бахæрдзысты. Ай циу ныр? Ныр ма афтæмæй. куыд цæрдзыстæм? — Æз мæ ахуыргæнджыты, ыæ хъомылгæнджыты ныхæстæ мæ зæрдыл дардтон æмзе йын сæ рафæлхат кодтон: — Тыхсгæ ма кæн, мæ фыды хай. Цард рæхджы æр,1 бадзæн йæ гаччы æмæ уæд адæм хотæ æмæ æфсымæр- Пб
ты хуызæн цæрдзысты.Адон нырма кулæкты æхсæдæн- тæ сты æмæ фæныхил-фæныхил кæндзысты, фæлæ сын дзы ницыуал рауайдзæн. — Уый та дын нæ зонын, цы? — зæронд лæг йæ ас- тæу сраст кодта æмæ мæм комкоммæ æрбакаст.—Дет- тæ цъыфдзастмæ кæй баппæрстай, уымæн йæ фыды æз хорз зыдтон. Кулак уыд æмæ адæмы туг цъырдга, фæ- лæ ныр цы фæцис, уый нæ зонын. Мæнæн тынг æхсызгон уыд, мæ ныхас кæй фæраст нс, уый æмæ зæронды фарсмæ балæууыдтæн. Йæ уæхс- кыл ын мæ къух æрæвæрдтон. — Цом, мæ фыды хай, кæд базармæ хæссыс дæ дыргътæ, уæд дын сæ æз бахæццæ кæ,нон. — Дæ хурæй бафсæдæт дæ мад, мæ хур... Фæлæу ма, кæй чызг дæ, кæ? Чизоны дын зонын дæ фыды? — комкоммæ мæм æрбакаст. Æз фенкъард дæн. Мæ зæр- дæйы фæзынд иу диссаджы тæхудиаджы бæллиц, тæ- худы, зæгъын, ныр куы зонин, мæ фыд чи уыд уый, уæд дзы бафæрсин ацы лæджы. Чизоны йæ, æцæг, зыдта, уæд мын дзы истытæ фæдзурид æмæ мæ зæрдæ кæнæ тонгæ акæнид, науæд да мæ фыды кадджын номы фæр- цы мæ зæрдæ ныррухс уаид æмæ мын цæрын уаид би- рæ æнцондæр. Фæлæ нæ зыдтон, кæй чызг дæн, кæмæй дæн æмæ йын цы хъуамæ загътаин? Загътон ын, мæ фыды нæ зонын, зæгъгæ, сидзæр чызг дæн. — Æвæццæгæн, уæд дæ мадимæ цæрдзынæ? — мæ дзырд мын фескъуыдта лæг. — Æмæ, чизоны, уый дæр зонын. Зæгъ ма йæ, чи у... — Уый дæр нæ зонын. Чысылæй фæстæмæ сидзæр- доны хъомыл кæнын. Мæ мыггаг кæмæй у, уый дæр нæ зонын... — Æй, мæ зæронд сæр дын куыд амард, — мæ къух- мæ мын æрбавнæлдта æмæ ныхъхъынцъым кодта. — Æмæ ныр... Ныр уый куыд у, уый... Ах... — Фæуынæр- гъыдта иудзæвгар, стæй мын афтæ зæгъы: — мæнæ ацы дыргътæ ахæсс, дæ низтæ бахæрон, æмæ сæ де ’мбæлт- тимæ бахæрут. Уæддæр ма мыл дæу фæрцы бахæцы- ДЫсты, науæд сæ уыцы бирæгътæ аскъæфтаиккой. Æмæ сэе ахæсс. — Нæ, цытæ дзурыс, мæ фыды хай. Уый нæ уыдзæн. Цом æмæ дын сæ базармæ бахæццæ кæнон. — Хъусгæ мæм кæн, мæ чызг, хъусгæ, — мæ цонгыл мьш æрхæцыд. — Дыууæ зæронды ма стæм. Нæ фырт- Тае меньшевиктимæ тохы бабын сты. Ныр ма дыууæ 117
зæронды стæм. Нæ фырмæгуырæй сæ нæ уæй кæнæм. Нæ къæбæры фаг комæм, фæлæ дзæгъæлы сæфынц æмæ, зæгъын, чизоны, исчи та хъуаг у, уый æнæбары сæ рахæссын. Стæй, зæгъын, мæхи дæр аирхæфсрн. Фæл- мæцын иуран бадынæй. Æмæ сæ ахæсс. Æз сæ искæй хъуагдзинад бамбæрзыны тыххæй хæссын, æмæ сæ сы- мах куы бахæрат, уæд мын уый та уыдзæн хуыцауæй дæр æмæ дунескæнæгæй дæр стыр хæрзиуæг. Нæ сæ куымдтон, фæлæ мын уыйбæрц фæлæгъстæ кодта, æмæ йын фæтæригъæд кодтон. Иæхæдæг дæр мемæ рацыд. Кæрты æрбадт бандоныл. Уырдæм æм ра- цыдысты нæ хъомылгæнджытæ цалдæрæй. Чидæртæ йæ дзы зыдтой. Адджын ныхæстæ кодтой, фарстой йæ, куыд цæры, кæд, мыййаг, ницæуыл тыхсы. Цы сын загъта (зæронд тынг иыллæг хъæлæсæй дзырдта), уый нæ фехъуыстон, фæлæ нæм уæдæй фæстæмæ арæх рай- дыдта цæуын, куы нын кæрдотæ хаста, куы фæткъуы- тæ. Иу хатт нæ директормæ бахатыд, ракæн дам сывæл- лæтты. Дыргътæ дæр бахæрдзысты æмæ мын истытæ дæр аххуыс кæндзысты. Æцæг сæм ацыдыстæм. Дзæ- бæх дыргъдон сын уыд. Иæ уындæй мæ зæрдæ цыдæр- гъуызон хионы æнгæс рухс бацис. Æвæццæгæн, раздæр æз кæй базонгæ дæн йемæ, уый тыххæй хионы сæры- стырдзинад æнкъардта мæ зæрдæ æмæ уымæн афтæ уыд. ^ • Зæронд лæг мæ хæдзармæ бакодта. Йæ зæронд ус уым. Уæдмæ нæм æддæмæ кæй нæ ракаст, уымæй мæ зæрдæ цыдæргъуызон фелхыскъ-фелхыскъ кодта, зæгъ- ын, кæд, мыййаг, уатон рынчын у æмæ нæм æддæмæ уый тыххæй нæ ракаст. Уый тыххæй мæ мæ зæрдæ нæ хаста æмæ нæ куымдтон мид^емæ. зæронд мæ бамбæр- ста. Йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Ды куыд æнхъæл дæ, афтæ нæу, тæрсгæ ма кæн. Фендзынæ йæ дæхæдæг, æмæ йын æххуыс дæр акæн. Мæхи хъæбулы ад мын скодтай æмæ дæм кæсгæ дæр ахæм цæстæй кæнын. Алы хатт дæр дын ацы хæдзары дуар уыдзæн гом. Æхсæв дæр-иу нæм æрлæу. Ме ’фспн дæр дæ бузныг уыдзæн æмæ æз дæр. Ие ’фсин, æцæг, нырма фидар сылгоймаг зынд. Уæ- ларынг лæууыд æмæ уæливыхтæ кодта. Къæсæрмæ куы ^бахæццæ стæм, уæд æм зæронд бадзырдта: — Не ’фсин, мæнæ дын де нæзонгæ чызджы æрба- 118
кодтон æмæ йыл баузæл. Ныййарæг мады узæлды ад ын чи скæна, ахæм узæлд ыл бакæн, дæ фыдыстæн. Ус хыссæйæдзаг къухтимæ рауад мæ размæ. Йæ цæнгты ’хсæн мæ ныттыхта. Пъатæ мын кæны. Æцæг, йæ былтæ ахæм фæлмæн, ахæм хъарм уыдысты æмæ мз* рустыл фылдæр æндæгъдæй куы лæууыдаиккой, уый мæ фæндыд. Бирæ мыл куы фæцинтæ кодта, уæд мæ суагъта æмæ мын афтæ: — Багъæц, мæ чызг, мад йæ иууыл дзæбæхдæр чыз- гæн«цыхуызæн гуыл скæны, æз дын ахæм гуыл куынæ скæнон, уæд мæ бирæгътæ бахæрæнт. Мады конд гуыл цы хуызæн вæййы, уый æз никуы федтон. Сæ ныййарджытимæ чи цард, уыдонæй-иу би- рæтæ æппæлыдысты, дысон мын мæ мад ахæм гуыл скодта, зæгъгæ, æмæ дзы лæг хæрынæй не ’фсæст. Æз дис кодтон, цы уыдзæнис, зæгъын, уыцы гуыл. Тæхуды- иу сæм кодтон. Æмæ мын ныр ацы ус куы загъта, гуыл дын скæндзынæн, зæгъгæ, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд æмæ арынджы цурæй æддæмæ нал цыддæн. Уый- иу мæм рæстæгæй-рæстæгмæ æрбакаст, йæ былтæ та-иу мæм æрбахаста пъа кæнынмæ. Æз уыцы хъарм пъатæй нал æфсæстæн æмæ фыддæр уый тыххæй лæууыдтæн арынджы цур. Иу хатт та мын куы апъа кодта, уæд мын афтæ зæгъы: — Ды дæр, иу гыццыл хæбизджын скæнай, уæй дæ нæ фæнды, мæ чызг? Мæн куыд нæ фæндыд? Гыццыл чызгæн уымæй æх- сызгондæр цы хъуамæ уа, фæлæ йæ зæгъын мæ цæсгом не ’схъæцыд æмæ æфсæрмы худт бакодтон, стæй мæ цæсгом арынджы чъилы фæстæ бамбæхстон. Уый мын хыссæйæ раскъуыдта. Арынджы чъилыл ссад æркодта. Ууыл хыссæ æрæвæрдта. — Мæнмæ кæс æмæ, æз куыд тæнæг кæнын хыссæ- йы къуыбар, ды дæр æй афтæ ныттæнæг кæн, стæй дын ыл цыхт æрæвæрдзынæн æмæ йæ бассив... Ах, дунескæнæг, уыцы бон уым цалгъуызон æхцон- дзинад банкъардтон! Фæлæ мын дзы иууыл адджын- дæр уыд, ме ’мбæлттæ цæрвджын уæливыхтæ уыцы æх- шзгонæн куы хордтой æмæ-иу мæм бузныджы цæстæй куы æрбакастысты, уæд уый. Афтæ мæм каст, цыма уьщы уæливыхтæ скодта мæ мад æмæ сæм æз фæхуыд- тон ме ’мбæлтты... Куы здæхтыстæм, уæд мæ зæронд ус йæ хъæбысы ныттыхта. Ныр йæ къухтæ хыссæйæдзаг нал уыдысты 119
æмæ мæм æнарæхст æвнæлд нал кодта æмæ йæ узæлд ноджы уыдис адджындæр. — Æрбацу та-иу нæм, дæ нывонд фон. Алыбон дæр нæм цу. Æз дæ мæхи хъæбулы хуызæн бауарзтон æмæ нæм арæх куынæ цæуай, уæд мын зыи уыдзæн. Æз-иу дæ алы хатт дæр мысгæ кæндзынæн. Æрбацæудзынæ- иу-нæм? — ахæм хуызы мæ бафарста æмæ йын, куы загътаин, нал уæм æрбацæудзынæн, зæгъгæ, уæд цыма йæ зæрдæ аскъуыдаид, афтæ мæм каст æмæ йын ныфс бавæрдтон... Бавæрдтон ын ныфс æмæ*йæ нæ фæсайдтон. Цыд- тæн сæм арæх. Цыдтæн сæм æмæ... Æ, дунескæнæг! Цы хæларзæрдæ æмæ уарзæгой разындзысты мæ зæронд хæлæрттæ. Афтæ мыл сахуыр сты, афтæ мæ бауарзтой æмæ иу бон дæр, æнæ мæн фенгæйæ, цард сæхицæн ад- джын нал кодтой. Зæгъгæ сæм исты аххосаджы фыдæй иу -бон нæ бацыдтæн, уæд-иу дыккаг бон дыууæйы дæр баййæфтон къулдуары фæйнæ фарс лæугæ. Лæууыдыс- ты-иу уыцы æрхæндæгæй æмæ æдзынæгæй кастысты, æз кæцæй хъуамæ фæзындаин, уыцырдæм. Куы-пу сæм æрбахаестæг дæн, уæд-иу схъуырæйхъуырмæ сты. Чи мыл раздæр аузæла, ууыл-иу сæм хъаугъа рауад. Æз- иу мæ цæнгтæ байтыгътон æмæ-иу сæ дыууæйыл-дæр иумæ атыхстæн. Уыдон-иу æргуыбыр кодтой, цæмæй сæм дзæбæх æххæссон. Сæ фæйнæ цонджы-иу мын æрба- тыхтой мæ астæуыл æмæ-иу дзæвгар рæстæг афтæмæй лæууыдыстæм. Лæууыдыстæм кæрæдзийыл тыхстæй, æмæ-иу мæ зæронд хæлæрттæ уыцы æхцон хъуыр-хъуыр куы кодтой, уæд-иу мæнæн та ме уæнгтæ фырæхсызгон- дзинадæй цыдæргъуызон хъыдзы кодтой... Куы базонгæ стæм, уæдæй фæстæмæ сын сæ дыргъ- дон иууылдæр куыстам мах, æз æмæ ме ’мбæлттæ, нæ хъомылгæнджытæ. Мах-иу куыстам, зæрæдтæ нын хæ- ринаг цæттæ кодтой æмæ нын амыдтой, кæм цы байта- уын хъæуы, кæцы бæласæй кæцы къалиу ралыг кæнын хъæуы, уыдæттæ. Иннæ куыстытæ иууылдæр кодтам нæхæдæг. Æниу ма дзы уыдонæн йæ номæй фылдæр цы уыд? Уыцы дыргъдонæй. Цы тыллæг дзы истой, уымæй- иу сæхицæн чысыл цыдæртæ фæуагътой зымæгмæ, ин- нæты-иу комкоммæ нæ сидзæрдонмæ радтой. Сæ фæл- лойы ныхмæ-иу директорæй райстой æрмæст бæлвырд- гæйæн. Уадз æмæ исчи зона, нæ сывæллæттæн цы рад- тон уый. Чизоны ма мæ исчитæ бафæзма, æндæр мæ 120
уый дæр цæмæн хъæуы? — афтæ-иу бакодта зæронд лæг,. бæлвырдгæнæн-иу куы иста, уæд... Уазджытæ-иу арæх баййæфтон мæ зæронд хæлæрт- тæм. Куы-иу мæ зонгæ кодтой сæ уазджытæй искæмæн, уæд-иу загътой: «Уый нæ дзæбæх чызг у æмæ базонгæ- у йемæ». Бирæтæ-иу мæм дзы уыцы дисгъуызæй нык- кастысты æмæ-иу афарстой: «Куыд уæ чызг у? Уыйас чызг ма уын ис?» Зæрæдтæ-иу комком^мæ дзуаппæй сæ- хи асайдтой æмæ-иу загътой: «Ис, уаэдæ цы?» — стæй- иу мæ сбадын кодтой стъолы фарсмæ æмæ уыдысты, чи мын дзы хуыздæр алæггад кодтаид, ууыл. Афтæ цардтæн, цалынмæ астæууккаг скъола фæуд кодтон, уæдмæ. Астæуккагскъолайы фæудмæ та мын мæ зæрæдтæ цæттæ кодтой йхæм хъуыддаг: хъуамæ цæрын- мæ рацыдаин уыдонмæ. Уыдон сæ бынтæ ныффыстаик- кой мæныл. Æз ахуырмæ ацыдаин, кæдæм мæ фæнды- даид, уырдæм, æмæ сæм дардтаин æцæг ныййарджыты зæрдæ. Чындзы дæр, дам, дæ нæхæдæг фервитдзыстæм. Цыбыр дзырдæй, ссардтон ныйарджытæ æмæ райгонд уыдтæн мæ хъысмæтæй. Сæхæдæг дæр мæ уыдысты райгонд.- Сæ хæдзары митæ сын иууылдæр райстон мæ- химæ. Цы фосы муртæ сæм уыд, уыдонмæ дæр зылдтæн, сæ псултæ сын фылдæр æз æхсадтон, хæдзæрттæ æфс- найдтон, хæринаг сын арæзтон. Æниу, ус йæхæдæг дæр нырма дзæбæх арæхст ахæмтæм, фæлæ æз афтæ æнæ- зивæг кæй змæлыдтæн сæ хæдзары, уымæ кæсын ын, æвæццæгæн, æхсызгон уыд, æмæ иууылдæр йемæ куы змæлыдаин, уый йæ фæндыд. Мæнæн та уый мæхицæн дæр æхсызгон уыд æмæ змæлыдтæн рæвдз, мæ’зæронд хæлæртты зæрдæ тынгдæр куыд барухс кодтаин, афтæ... Иу хатт сæм баййæфтон иу бæрзонд, бæзæрхыг, сау- лагъз, сау къуыбыр рихиджын лæппуйы. Уый зæронди- мæ бадт кæрты бæласы бын. Æз куы бахызтæн кæрт- мæ, уæд сын салам радтон, стæй уыцы барджыны зылд куы акодтон кæрты, уæд къуыбыррихиджын афарста зæронд лæджы, уый та уын чи у, зæгъгæ? — Уый мæ дзæбæх чызг у, — уыцы сæрыстыргъуы- - зæй дзуапп радта зæронд. — Ау, æмæ уын ахæм чызг æз куынæ зыдтон, — ба- дис кодта лæппу. — Зæрондæрдæм фескъуыхтыстæм æмæ самал код- там ацы дзæбæх чызджы, — ноджы хъæлдзæгдæр æмæ • сæрыстырдæрæй загъта лæг. — Æмæ, æцæг, тынг фескъуыхтыстут, науæд ахæм 121
зæдæнгас рæсугъд чызг æнцон самалгæнæн нæу, — лæп- лу дзырдта æмæ йæ цæстытæ мæ фæдыл кæй зылдыс- ты, уый хатыдтон. Хатыдтон æмæ мын æхсызгон уыд. Æгайтма, зæгъын, цæсты сахадыны фаг фæцис ме ’ддаг бакаст. Сонт чызджы сæнттæ, дæхæдæг нæ зоныс? Æп- пæл дзы æмæ дæ разы уалдзыгон бал-бæласау дидинæг рафтаудзæн. Зæронд ус мæм хæдзармæ фæдзырдта, сихор сын цæттæ кæнын æмæ мын аххуыс кæн, зæгъгæ. Æз ацы хаттæй зындæрæй никуы æххæст кодтон мæ зæронд усы куырдиат. Æххæст æй скодтон. Мæ бон нæ бацис йæ ны- хасыл дыууæ зæгъын, фæлæ йæ куыд зивæгæй æххæст кодтон, уый йæхæдæг дæр фæхатыд. Иу дзæвгар мæм фæкаст, стæй мæ афарста: — Де ’онг цыдæр уæззау у, мæ чызг. Мыййаг дæ кæд ницы риссы? — На, ницы мæ риссы, тыцци (гыцци æмæ сæ дада хонын раджы кæй райдыдтон, уый зæгъын мæ ферох ис). — Тынг дзæбæх куы дæн. — Нæ, нæ, мæ чызг, цыдæр фæлладгъуыз дæ æмæ фæлтау уæртæ сынтæджы æрулæф, — загъта мын, фæ- лæ æз не ’сразы дæн. Афтæ мын куы загътаид, дæлæ сыгъдæг уæлдæфмæ ахиз, зæгъгæ, уæд æхсызгонæй сра- зы уыдаин, уымæн æмæ мæ фæндыд, цæмæй ма мыл уыцы лæппуйы цæст ноджыдæр æрхæцыдаид æмæ мæ ноджыдæр æппæлыдаид, истытæ дзырдтаид мæн тых- хæй. Мæн уый фæндыд, ме онг уæззау дæр уыцы бæл- лицы тыххæй уыд, уый та мæ сынтæджы хуыссын код- та æмæ йын куыд хъуамæ сразы уыдапн? Фæлтау рæв- .дздæр райдыдтон архайын. Сихор, зæгъын, тагъддæр куы сцæттæ уа, уæд тагъддæр æрбаддзысты фынгыл. Æз дæр баддзынæн сæ цуры æмæ йын хæстæгдæрæй хъусдзынæн йе ’ппæлæн ныхæстæм, бæстондæр ын ба- кæсдзынæн - йæ цæсгоммæ, æндæра цахæм у, йæ цæст мыл афтæ чи æрæвæрдта, уый... Æз зæронд усы бафарстон, чи уын у, зæгъын, уыцы лæппу? Исты хæстæг уын у æви æндæр истæй тыххæй æрбацыд? Тыны хъæуккаг, дам, у, нæ дард хæрæфырт. Иæ мыггаг дам Дзылытæй у. Горæты, дам, уыд æмæ, дам, æрбауад йæ дард мады æрвады абæрæг кæныны тыххæй. Æз никуы дæр Тыны хъæу фехъуыстон æмæ нируы дæр Дзылытæй мыггаг. Сæ дыууæ дæр мæм ху- дæг фæкастысты ,æмæ фырхудæгæй сынтæджы бахауд- тæн. Зæронд фергъиау ис. Уый сæ зыдта. Хъæуы ном 122
дæр зыдта æмæ мыггаджы ном дæр. Ницы худæг æм кастысты, æмæ мæнмæ худæг фæзындзысты, уый, æвæц- цæгæн, йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Æмæ сынтæ- джы куы бахаудтæн, уæд фæтарст. Бауад мæм. — Цы кодтай, цы, мæ чызг? — мæ номæй мæм сæ ничи дзырдта. Мæ зæронд хæлæрттæй. Дыууæ дæр мæ афтæ хуыдтой: «Мæ чызг». — Уый цы хуызæн хъæуы ном у? Науæд Дзылытæ цæй мыггаг у? — мæ худын тыхæй уромгæйæ сдзырд- тон. — Мæ тæригъæд та дын ма загъон, — ме уæхск мын уыцы дзæбæх æхсызгои тъæпп æркодта. — Мæнæй аф- тæ-ма исты кодта. — Кæнгæ та цы хъуамæ кæнон, фæлæ мæм дыууæ дæр худæг кæсынц. — Ма кæн, мæ чызг, Дзылытæ ахæм мыггаг не сты æмæ сыл исчи ахуда. Уыцы комбæсты номдзыд æмæ дзырддзæугæйыл нымад сты. Мæ фыд-зæрдæмæ уыдон фæхъызæнт. Æвзæр туджы хицау адæм сæ хонынц. Ал- чи дæр, дам, сæ йæхи хизгæ кæны. Йæ цæст дыл ма схæцæд, науæд нырма æнæус лæппу у, æмæ, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ ныдздзырдта, ацы чызджы хъуамæ мæхи- рдыгæй фæкæнон, уæд æй ницыуал басæтдзæп. — Мæхи куынæ фæнда, уæд мын цы хъом у? — цæ- мæндæр мын æхсызгон уыдысты гыццийы ныхæстæ, уæлдайдæр та, æнæус у, зæгъгæ, кæй загъта, уый. Уый мын æхсызгон уыд æмæ, цæмæй ноджы истытæ дзырд- таид, уый мæ фæндыд. — Æз дæ афтæ фæдзæхсын, æмæ йæ цæстæнгасæй дæхи хиз. Уыдон ахæм тæвдтуг адæм сты, æмæ сæ хъуыддаг ныхасæй кæм нæ рæза, уым цонджы тыхæй архайынц, цонджы тыхæй кæм нæ рæза, уым та хъама- йы комæй. — Иæ фистæджытæ— дæлæты, йæ бæхджынтæ — уæ- лæты. Æппындæр дзы ницæмæй тæрсын, гыцци. Мæхæ- дæг мæ цæнгты тых кæуыл бавзарон, уый куы агурын,— ахæм дзырдтæ мæ фырæхсызгонæй кæй ирвæзынц, уы- цы Дзылыты лæппуимæ ныхасмæ, хъуыддаджы ныхас- мæ куы ’рхауин, уый мæ фæнды æмæ мæ уый тыххæй кæй ирвæзынц, уый хатын æмæ сæ куынæ дзурин. Кæй сæ дзурын, уымæй гыццийы зæрдæ кæй риссын кæнын, уый дæр хатыдтон, фæлæ сæ мæ зæрдæйы бауромын мæ бон нæ бацис. Фынг куы сцæттæ ис æмæ йæ фарсмæ куы ’рбадтыс- 123
ты нæлгоймæгтæ, уæд æз дæр мæхицæн бандон æрæ- вæрдтон, уазæджы ныхмæ куыд бадтаин æмæ йын йæ цæсгоммæ комкоммæ куыд кастаин, ахæм ран, фæлæ мæ гыцци нæ бауагъта бадын. Цыма стыр бæллæх æр- цыд, уыйау йæ рахис къухæй йæ рус бацъыкк ласта (афтæ-иу кодта, исты-иу дзы куы ферох, науæд та-иу исты раст куынæ сарæзта, уæд). Бацъыкк ласта йæ руо æмæ афтæ зæгъы: — Мæрды рох мыл куыд бафтыд, ног дон нæм куы- нæ ис. Дæ уды фæхъхъау фæдæн, мæ чызг, ма фæзивæг кæн. Æрбадав нын ног дон, науæд нæ уæдта пскæмæн йæ хъуыры къæбæр фæфидар ис. Зыдтон æй, сайгæ мæ кæй кæны, уый æмæ мæ уыцы хабар ноджы тынгдæр сцыбæл кодта. Æнæуый дæр афтæ у адæймаджы хъуыддаг, уæлдайдæр та уыцы ка- ры, тынгдæр æй цæмæй фæхъахъхъæнынц хисдæртæ, уый та йæхи уырдæм феппары. Æз хъуамæ ма б.акас- тапн йæ коммæ, фæлæ иугæр фынджы фарсмæ бадджы- ты цур афтæ æргом загъта, уæд ма мын цы гæнæн уыд, æмæ æз дæр ацыдтæн. Ацыдтæн, фæлæ тынг мæстыйæ. Фæстæмæ мæхинымæры æрдхъирæнтæ кодтон гыцци- мæ: «Уæд мæ дæ сæгъ скæн. Ныртæккæ æрбахæсдзынæн. дон æмæ ма мын стæй та цы дæ зæрды ис? Сбаддзынæн дæ уазæгæн йæ тæккæ ныхмæ æмæ йын комкоммæ йæ цæстытæм кæсдзынæн. Дæ фыдæнæн ын æргом кæс- дзынæн йæ цæстытæм». Суадон хæстæг уыд, стæй донгарз айдзаг кæнынæн дыууæ цæсты фæныкъуылды дæр фаг уыдысты. Цас хъуамæ афæстиат уыдаин? Уайтагъд фездæхтæн. Ведра куы æрæвæрдтон, уæд хъуамæ æвнппайдæй фæмидæг уыдаин хæдзары, фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыд, зæ- гъын, мæ ныр та фынгмæ дон рахæссыны æфсон сай- дзæн, æмæ рагацау мемæ ахæссон. Рахастон дон, стъо- лыл æй æрæвæрдтон. Хъуамæ мæ бандоныл абадтаин, фæлæ уый уым нал уыд. Гыцци йæ фаллаг хатæнмæ бахаста, йæхæдæг ма хæринаггæнæны цыдæртæ архайд- та. Уырдыгæй мæм радзырдта, рацу æмæ мын аххуыс кæь, зæгъгæ, фæлæ йæ баба дзурын нал суагъта: — Æруадз ма чызджы æмæ кæрдзын бахæра. Абон æй фыццаг хатт уыныс? Цы йæ баййардтай? — баба йын йæ хъуыдытæн ницы æмбæрста, ’мæгуыр. Уый бын- тон æнæхин лæг уыд. Алкæмæ, алцæмæ дæр каст æргом, раст цæетæй, æмæ ахæм хиндзинæдтæн ницы æмбæрста. Ныр дæр йæ зæронды хъуыдытæ куы хатыдтаид, уæд 124
мæ, чизоны, йæхæдæг дæр арвыстаид, уымæн æмæ мын уыдон, фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй, мидæгмой- мæ æркæнинаг уыдысты искæй. Искæй нæ, фæлæ сæхæ- дæг хорз кæй зыдтаиккой, сæ уæзæг сын æгады ранмæ чи не ’руагътаид, ахæм. Æмæ лæг куы зыдтаид, ус цæуыл тыхсы, цæмæй тæрсы, уый, уæд мæ йæхæдæг дæр, æвæццæгæн, уыцы бон стъолы фарсмæ бадын нæ бауагътаид. Æниу, уымæй хъуыддаг нал фæивтаид, æвæццæгæн. Мæ зæрдæмæ мын æгæр фæныхылдта йæ ныхæстæ æмæ йæ бæстон кæстытæй. Йæхæдæг дæр, цыма, хуыздæр ран нал уыд æмæ, гыцци цæмæй тарст, уымæй тынг тæссаг кæй сси уавæр, уый йыл зынд, æмæ стъолы фарсмæ æрбадтаин, æви иæ, уымæй ци- цыуал фæивтаид... Дыккаг æви мæм æртыккаг бон сидзæрдонмæ бацыд Газан. "Куы мын загътой, иу лæппу дæ агуры, зæгъгæ, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Чиныг кастæн, фæлва- рæнмæ мæхи цæттæ кодтон æмæ мæ чиньтг мæ къухтæй æрхауд, ме уæнгтæ цыдæргъуызон срызтысты. Тас дæр •сæ бацыд æмæ сæ æхцондзинад дæр хъыдзы кодта. — Цы дьтл æрцыд, чызг, де онг æгасæй куы срызт? — афарста мæ ме ’мбæлттæй чидæр. — Фехъуыстон, зæгъгæ, дам, дын кæмдæр фыды æф- сымæр разынд, æмæ кæд уый у, зæгъын, фырцинæй ри- зынц ме уæнгтæ, — афсон кодтон æз, æндæра мæ Дзы- лыты лæппу кæй агуры, уый фидарæй базыдтон. Ба- зыдтон æй æмæ дывæнд кодтон:'ацæуон æм æви йæм ма ацæуон? Гыццийы ныхæстæ-иу куы ’рбалæууыдысты мæ зæрдыл, уæд-иу мæ бандонмæ æрæлхъывтой. Мæ хъусы мын цыма исчи дзырдта, ма ацу, æндæра фæсмон- гонд фæуыдзынæ, зæгъгæ, фæлæ мæ ме онг та æддæмæ хаста. Уалынмæ та мæм дыккаг хонæг дæр æрбарвыс- та. Уæд мьтл ме ’мбæлттæ сбуцтæ кодтой, уæдта, æцæг’, дæ фыды æфсымæр у. Акæс æм æддæмæ... Газан лæууыд кæртьт дуарæн æддейæ. Лæууьтд тигъ- мæ, мæ цæст ын йæ цæсгомы иу хайьтл куыд скъуырдта- ин мæ фьтццаг фæзындæй, афтæ. Æмæ йæ исдуг зонгæ дæр нæ бакодтон. Сæрæй къæхты бьтнмæ ирон фæлысты мидæг уьтд æмæ кæд кодта сиахсы лæуд. Уыйразмæ кæм- дæртьт чындзæхсæвмæ бакастæн æмæ-иу сиахс къуьтмы куыд лæууыд, ахæм лæуд кодта. Æз æй нæ базыдтон уыцыиу фæкастæй. Дьтккаг хатт-бакæсын та мæ цæс- гом нæ бахъæцыд, стæй мæ æвдæлгæ дæр нæ кодта. Хъуамæ ссарон, чи мæ агуры, уый, бафæрсон æй, цьт 125
йæ хъæуы, уымæй æмæ стæй — фæстæмæ. Фæлварæнмæ цæттæ кодтой иууылдæр æмæ мæн дæр хъуыд ’истæ- мæты æркæсын. Гъе, æмæ йæ. рæзты бахызтæы. Фæй- нæрдæм ракæс-бакæс кæнын. Уый иу дзæвгар фæлæууыд афтæ, стæй бахудт. Бахудт æнахуыр мыр-мырæй æмæ æз фестъæлфыдтæн. Фæкастæн æм уыцы зыдæй æмæ... — Куыд кæсын, афтæмæй мæ нал базыдтай, Цуца? — сдзырдта уыцы дзæбæх фæлмæн хъæлæсæй æмæ ме уæнгтæ адон сты. Иудзæвгар ницы дзурын сфæрæз- тон, стæй йæм æз дæр мæ мидбылты бахудтæн. — Ахæм фæлысты дæ æз нæ, дæ хо дæр нал базыд- таид, — бадзырдтон æм æфсæрмыгъуызæй. — Æмæ ды фæлыстмæ цæмæн кæсыс, Цуца? — æр- бацыд мæм хæстæг, мæ къух мын райста, æмæ йæ куыд бамбæрстон, афтæмæй мын æй .суадзинаг нæ уыд рæх- джы. Хъуамæ йæ йæ армы дардтаид, фæлæ мидæгæй сывæллæтты хъæлæба райхъуыст æмæ мын æй уæд суагъта æмæ дзырдта дарддæр. Дзырдта ныллæг, фæ- лæ цыдæр æхцон хъæлæсæй: — адæймагæн йæ фæлыст- мæ нæ хъæуы кæсын, Цуца. Хъуамæ йын кæсай йæ цæс- гоммæ, комкоммæ дæр йæ цæстытæм. Уыдон ирд арв- ау æнæ къæм куы уой, уæд уым дарæс ницы давы. Адæймагæн сæйраг йæ цæстыты фæлыст у... Цæстыты тыххæй ахæм даргъ æмæ хæццæ ныхас цæй тыххæй кодта, уымæн ницы бамбæрстон. Иугæр мæ æрцагуырдта, уæд æй хъуамæ исты хъуыддаг уа, уый та мын цæстыты тыххæй таурæгътæ кодта æмæ фæ- тыхстæн. Фескъуыдтон ын йæ дзырд: — Дæ цæстытæ æндæр кæдæмдæр уыдысты здæхт. Мæнæн сæм бакæсæн нæ уыд. — Гъе, уый мæхицæп хъуамæ ма ныббарин æмæ ныртæккæ дæ разы ракъахин, æндæрырдæм здæхт чи уыд, уыцы цæстыты, фæлæ сæ дæ хатырæй уадзын. Уа- дзын сæ, цæмæй сæм ды бакæсай æмæ фенай, куыд сыгъ- дæг сты, уый. Фенай, сыгъдæг, ирд арвау, æнæкъæм цæстытæ цы хуызæн вæййынц, уый. Стæй ма сæ уый тыххæй дæр уадзын, цæмæй дæумæ кæсой æмæ дæ уы- пой. Дæу куы пæ уыной, уæд мæ æндæр ницæмæн хъæ- уьтнц æмæ сæ скъахдзынæн... — Цæмæн сæ къахыс, цы дын кодтой? — æз ахæм ныхæртæ никуы никæмæй фехъуыстон, чиныджы дæр ипкуы кастæн ахæг^т æбуалгъ хъуыддæгты тыххæй æмæ фæтарстæн. Афтæ мæм фæкаст, цыма ныртæккæ йе ’нгуылдзтæ йæ цæстыты фæсадздзæн æмæ мын йæ гаг- 126
уыты мæ армы авæрдзæн. Æз афтæ фæтарстæн уыцы: хъуыдыйæ æмæ мæ æрмтты мæ фæсчъылдым бамбæх-. стон. — Цæй, ам бирæ цы дзурæм, Цуца? — мæ къухмæ мын бавнæлдта, — дæ зæронд хæлар хъæрзгæ у æмæ мæ дæумæ рарвыста. Тынг, дам, мæ фæнды йæ фенын.,, Цом бауайæм сæм. Фæстиат мауал кæнæм, науæд тæ-" ригъæд у. Мæ зæронд хæлары коймæ мæ æппæт дæр æрбай-.. рох йс. Налдæр мæ разы исчи лæууыд æмæ палдæр," фæлварæнмæ цæТтæ кæнынмæ ахсайдта мæ зæрдæ. Аф-• тæ мæм каст, цымæ уыдон куынæуал ой, уæд мын ду-- пе бынтон афтидæй баззайдзæн. Иу мæн у зæгъæг мын, нал уыдзæн æмæ йæ никуыуал дæр ссардзынæн... Фæ- цæуæг дæн Газаны разæй. Цæуын, тындзын, дугъ кæ- нын. Газан дæр згъоры мæ фæдыл, фæлæ йæм, æвæц- - цæгæн, аив нæ каст. Уыцы къуыбыррихи лæг кæдæм, згъоры ацы тæнтъихæг чызджы фæдыл, зæгъгæ, дзы; исчи афтæ куы ахъуыды кæна, æвæццæгæн, уымæй тарст æмæ мæм фæстейæ дзуры: «Фæлæу-ма, дугъ кæ- дæм кæныс? Афтæ тыхст нæу. Ма йæм æхсайæд дæ зæрдæ». — Уый тыхст куынæ уаид, уæд мæм фæдисы хъæр-' гæнæг нæ рарвыстаид, — кæсгæ йæм нæ акодтон, аф- тæмæй йæм адзырдтон. — Уый мæ уадиссаг æрвитгæ дæр ницы кодта. Дæ кой нæм куы æрхауд, уæд афтæ æнæуый загъта, тагъд,' дам, куы ’рбацæуид... Уæд дæм æз мæхигъæдæй рацыт- тæн... — Ды мæ сайгæ кæныс, — мæ зæрдæ суынгæг ис.> Мæ цæстытыл ауад мæ зæронд баба куыд утæхсæи кæ- ны сынтæджы æмæ мæнмæ куыд сиды, уый. Ахæм цьк дæртæ ауад мæ цæстытыл æмæ скуыдтон, афтæмæй ли- дзын, кæд ма йæ, зæгъын, удмидæгæй баййафин æмæ йын мæ фендæй срухс кæнин йæ мæрдон фæндаг. Куы скуыдтон, уæд Газан мæ иувæрсты æрбалыгыи: Мæ цонгыл мын æрхæцыд. Æрурæдта мæ. Иугæр æрлæу- уыдтæн, уæд мæ размæ æрбахызт æмæ мæм мидбыл-> худгæйæ кæсьт. Кæсы мæм мидбылхудгæйæ. Мæ дон-,; дзаст цæстыты’ фæлмы ’хсæнты мæм зынынц йæ дæн-^ ^æгтæ æмæ сæ æз фæтарстæн. Цыма адæймаг нæ, фæ-« лæ удхор æхсæвидар лæууыд мæ разы æмæ мæ нырг тæккæ аныхъхъуырдзæн, афтæ аджитæнтæ кодта мæ зæр- дæ æмæ куыддæр фæцудыдтон. Фæцæйхаудтæн. Уый м# 128
мæ астæуæй ацахста. Иæхимæ мæ æрбалхъывта. Уеед- мæ горæты кæрон иу бæласджын ран уыдыстæм. Змæ- лæг дзы уадиссаг ничи уыд æмæ мæ йæхимæ тынг æр- балвæста. Йæ дыууæ цонгæй мæ æрбалвæста йæхимæ. Стæй мын мæ фындзы бынмæ йæ былтæ куыд хаста, уый дæр ма гæзæмæ æмбæрстон, фæлæ мæ цы аразын хъуыд, уый налдæр мæ хъуыды ахста, налдæр мæ зæр- дæ. Ме онг та бынтон. бандзыг æмæ хатгæ дæр ницы- уал кодтон. Фæлæ уыцы уавæр бирæ нæ ахаста. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд æй ахæм риуыгъд акодтон, æмæ ма йæхæдæг тыхæй баурæдта йæхи.. Ацух-мухтæ кодта æмæ ацахста бæласы зæнг. Уый йæм цыдæр худæг фæ^аст. Æви, чизоны, барæй худт. Чизоны, мын уы- цы худынæй афтæ зæгъынмæ хъавыд, ома барæй аф- тæ бакодтон, науæд дæу асхуыстæй чи- хъуамæ фæцуда? Æз мæх’æдæг дæр фæфæсмон кодтон, æгæр æй кæй ас- хуыстон, уый тыххæй. Иугæр мæ асхуысты ныхмæ фи- дар нæ фæлæууыд, уæд мæ фæсонæрхæгæй айсæфтысты, цыдæриддæр уыд, уыдон. Нæдæр мæ йæ цæнгты ’хсæн ныттыхта, нæдæр мын пъа кæнынмæ хъавыд. Уыдис æрмæстдæр, æзæй кæй асхуыстон, уый, æмæ дзы фе- фсæрмы дæн. Уыцы худт мæм ныр та цыма ахæм уай- дзæф æрбаппæрста: «Æз дæм фæдисы лыгъдæй фæлыгъ- тæн, цæмæй дын фехъусын кæнон, дæ’зæронд хæлар æвзæр уавæры кæй ис, уый, ды та мæ ратъæпп-батъæпп кæныс...» Æмæ мæ сирвæзт, æвæццæгæн, Газанæн йæ фæсонæрхæджы дæр чи нæ уыд, йæ сæнтты дæр кæуыл никуы ахъуыды кодтаид, ахæм ныхас: — Ныххатыр мын кæн, Газан, — дзурын ын лæгъз- тæгъуызæй. — Мæ фыртыхстæй дæ æгæр асхуыстон, фæ- лæ мын ныххатыр кæн. Афтæ никуыуал бакæндзынæн. — Дæу аххос нæ уыд, Цуца, — æрбацыд æмæ та мын мæ къух райста йæ арммæ. — Мæхи аххос уыд, Цуца,— мæ цæстытæм мын комкоммæ кæсы æмæ дзуры фæсмон- гæнæджы хъæлæсæй. — Мæхи аххос уыд. Тынгдæр мæ цæвын хъуыд. Афтæ цæвын мæ хъуыд, цæмæй мæ æды- лы сæр бæласы зæнгыл ныппырх уыдаид... — Цæмæн дзурыс афтæ, Газан? Афтæ ма дзур,— ныр та Газаны сæр бæласы бындзæфхадыл пырхæй ауад мæ цæстытыл æмæ сæ бацъынд кодтон. Бацъынд сæ кодтон, фæлæ афтæмæй кæд уыдтой уыцы «пырх сæ- ры» хуыздæр æмæ сæ уæд фæстæмæ байгом кодтон. — Ды ницц азымджын дæ мæ разы, Газан. Фæцæйхаудтæн. Ды мæ нæ ауагътай хауын. Æндæр дзы ницы уыд... 9 Къэебысты 3 129
— Хъуыддаг уый мидæг нæй, Цуца,— мæ къух мын йæ риумæ æлхъивы, афтæмæй дзуры. — Уый мидæг нæй хъуыддаг, Цуца. ’ — Уæдæ цæй мидæг ис? — дисгъуызæй йæ афарстои. — Цом, уæртæ уыцы бæласдоны бандоныл æрбадæм æмæ дын æй уым зæгъдзынæн... — Нæ, нæ, Газан. Уымæй мæм ма бахат. Кæд ма... — Мæ зæрдæ та суынгæг ис, æндæра хъуамæ афтæ загъ- таин, кæд ма, зæгъын, бабайы удмидæгæй сæййафин. Мæ бон æй зæгъын не сси, фæлæ мæ уæддæр Газан^ бамбæрста. Бамбæрста мæ æмæ йæ цæсгомыл æфсæрм- гъуыз мидбылхудт фæзынд. — Тæккæ дæр уый мидæг ис мæ азым, Цуца, — загъта æмæ мыл ахæцыд бандонæрдæм. Æз фæтыхстæн æмæ мæ бон налдæр исты зæгъын бацис, налдæр мæхи- уыл фæстæмæ фæхæцын. Ацыдтæн йæ фæдыл идадзы бæхау коммæгæсæй. Бандоныл куы ’рбадтыстæм, уæд ныхъхъус. Ницыуал дзуры Газан. Иæ зæгъинаг дзы цы-. ма рох фæцис, уыйау бады æмæ дард кæдæмдæр уыцы хъуыдыгæнгæйæ кæсы. Æз æм афтæмæй кæсын нал фæ- рæзтон æмæ йæм хæстæгдæр бабадтæн. Иæ уæрагыл ын мæ къух æрæвæрдтон æмæ йæ бафарстон, зæгъын, мын цыдæр зæгъинаг куы уыдтæ. Уый мын мæ къух йæ уæрагыл æрцахста æмæ йæ нал суагъта. Хæцы йыл æмæ мын мæ цæстытæм комкоммæ кæсы. — Ды хæларзæрдæ чызг дæ, æмбаргæ чызг дæ, Цу- ца, — кæсы мын мæ цæстытæм æмæ дзуры уыцы æр- хæндæггъуызæй. —Ды хæларзæрдæ тынгдæр уымæн дæ, Цуца, æмæ афтæ тыхджын кæй дæ. Тыхджынтæ иууыл- дæр хæларзæрдæ вæййынц æмæ мæнæ мæн хуызæн æдыхтæн сæ рæдыд æнцонæй ныххатыр кæнынц, Ды дæр мын ныххатыр кæндзынæ мæ абоны рæдыд. Æз дæр мæ фырхъалæй нæ фæрæдыддæн... — Цæй ма, цы фæрæдыдтæ, уый мын зæгъ, науæд мын де ’лхынцъ ныхæстæй мæ зæрдæйы уидæгтæ æлва- сыс, — сбуцтæ йыл кодтон. — Дæ зæронд хæлæрттæ бирæ фæцæрæнт, фæлæ сæм æз абон нæ уыдтæн... — Уæдæ баба рынчын кæй у, уый кæцæй фехъуыс- тай? — фескъуыдтон ын йæ ныхас. — Мæ рæдыд растдæр уый мидæг ис, Цуца. Сайгæ дæ фæкодтон. Цæмæй дæ ракодтаин æмæ ыскуы хиба- рæй аныхас кодтаиккам, уымæн æндæр ницы амая * ссардтон æмæ дæ фæсайдтон. Фæсайдтон дæ, Цуца, фæ- 130
лæ мын ныххатыр кæн. Уый дæр мæ фырхъалæй нæ уыд. Куы дæ федтон, уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ ныххызт дæ сурæт æмæ дзы æддæмæ рахизын нал комы. Бæргæ дзе æфсæрмы кæнын, æз дæуæй иуцъус хисдæр дæн æмæ мыл, чизоны, дæуæн^ахæм ныхæстæ дзурын не ’мбæлы, фæлæ иу хивæнд заердæйы хицау фæдæн æмæ дзы мæ уд рагъæнмæ хизинаг фæцис... — Уæдæ мæ баба рынчын нæу? — ме уæнгтæ цы- дæргъуызон ныллæбырдысты, зæрдæйы сагъæстæ ныс- суйтæ сты æмæ ницы æмбарын Газаны ныхæстæн. Хъусгæ сæ кæнын, фæлæ хъустæй дарддæр никæдæм хæццæ кæнынц æмæ йæ чысыл куы фæуромин, мæ хъуы- дытæ æрчырыстон кæныны фаг куы фæлæууид, рæс- тæг мын куы равдæлон кæнид, уый мæ фæнды æмæ йæ уый тыххæй афарстонафтæ. — Хуыцау æй æппындæр макуы фæрынчын кæнæд, уый дзæбæх уыдзæн, фæлæ æз мæхæдæг рынчынæй фыддæр фæдæн æмæ; дæ хорзæхæй, исты хос мын скæн. Чизоны дын дæ гыцци мах, Дзылыты кой кодта. Цæ- рæнбонты ныл фыдадæмы ном ис æмæ дын æй ма дзырд- таид, уый мæ нæ уырны, фæлæ дын ард хæрын: ахæм- тæй мæнмæ ницы ис. Дзылытæ кæд уыдысты нæргæ æмæ карз мыггаг, уæд уыдысты. Ныр дзы бирæ дæр ничиуыл ис. Цыбыр кæны нæ мыггаг. Мæн та уый нæ фæнды. Мæн фæнды, цæмæй Тыны хъæуы Дзылыты мыггаг уа æмæ цæра, иннæтæ куыд цæрынц афтæ: адæ- мимæ, хъæубæстимæ хæларæй. Уый дын уымæн зæгъын: ма дæ фæтæрсын, кæнæд кæддæры Дзылыты кой. Нал сты уыцы Дзылытæ. Ахæм ныхас кодта, цыма йæм уыцы уысм чындзы ацæуыныл разы уыдтæн. Æниу ын цы бамбарын хъуыд мæ карæн чызджы зæрдæйы уаг? Иæхæдæг æй куы загъта, æз, дам, дæуæй хисдæр дæн. Уый афтæуыд. Фылдæр æм уыд фæлтæрддзинад æмæ мын йæ фендæй мæ зæрдæ кæй басхъаудта, уый дæр куыд нæ фæха- тыдтаид?.. ," ’ Дзылыты уæзæгæйма, æцæг, цæй уæзæг баззад?? Кæддæр æгао Тыны хъæуы иууыл стырдæр æмæ ном- Дзыддæр сыхы!л уыдон уыдысты нымад.. Исчи-иу Тыцы ^ъæу куы нæ зыдта, уæд ын æй Дзылытæй амыдтой. ш
уæртæ Дзылытæ кæм цæрынц, уыцы хъæу, зæгъгæ. Ныр’! ма дзы цæй сых æмæ цæй уæзæг баззад! Æгасæй— дыу^ уæ хæдзары. Æниу ма дыууæ хæдзары дæр кæм сты?,( Растдæр зæгъгæйæ — хæдзар æмæ æрдæг. Хæдзар цэц-} мæй хæдзар хуыйна, уый тыххæй дзы хъуамæ æнæмæн-л гæй уа, æппын къаддæрæй дыууæ уды: нæлгоймаджьь уæззау куыстытæ кæнынæн дзы хъуамæ уа нæлгойма-; джы фидар цæнгтæ æмæ сылгоймаджы. рогдæр зылд- тытæн та — сылгоймаджы уæздан, алы лыстæг мимае арæхсаг цæнгтæ. Уый куы нæ уа, уæд хæдзарæн цæй хæдзар рахонæн ис? Æмæ ахæм хуызы Дзылытыл ны* хас куы æрцæуа, уæд ма дзы ис иу хæдзар. Уым наел-(1 гоймаджы зылдтытæн, нæлгоймаджы уæззау куысты- тæн сты Хуыгайы фидар/ æцæгæй фидар æмæ куыст-! уарзаг цæнгтæ, сылгоймаджы мийæн та йæ мад Сау- , чызджы лыстæг, фæлахс цæнгтæ. Æниу, уыдон æгæр фæдæрдджын сты, æгæр раджы сфæлахс сты. Стæй канд’ йæ цæнгтæ нæ, фæлæ æгасæй сфæлахс ис. Сфæлахс ис, ’; мæгуыр, афонæй бирæ раздæр. Æмæ йæ исчи куы афæр-> сы йæ азтæй, уæд зæрдæрыстæй афтæ фæкæны: «Азтæ .' та цы давынц? Азтæй цард йæхæдæг фæлахс кæны адæй- < маджы. Хатт адæймагæн йæ царды бонтæй иу свæййы 1 афæдзы уæзæн. Ахæм бонтæ та мæныл бирæ æркодта æмæ уыцы хуызы нымайгæйæ канд Тыны хъæуы нæ, фæлæ ,". æгас комы мæ цахъхъæн дойнаг дур дæр нал ис», — ахæм ■ суйтæ дзуапп радты, йæ азты тыххæй йæ чи бафæрсы;1 уымæн. О, фæлæ уæддæр нырма цыдæртæ арæхсы, цы- дæртæ архайы, цæмæй сæ хæдзар хæдзарыл нымад уа, уый тыххæй. Иннæ хæдзарæн йæ иу æфсæр бæргæ фидар у. Га- ’ зан æгас хъæубæсты фæсивæды разагътадæртæй у. , Уæнгдых, цæнгдых, арæхстдзинадæй йыл никуы никæй - зæрдæ бахудт. Стæй кæддæры Дзылытæй дæр нæ фæ- цис. Æнæхъуаджы сæрыстырдзинæдтæ йеттæй йæм ни- [ цы ис. Хъæубæсты исты цинаг, гъе, хъыджы хъуыддаг, ис, уæд Газанмæ хонæг æрвитын никуы бахъуыд. Хъуыд- ; дагæн-иу бархийæ йæ тæккæ зындæр райста йæхимæ ’; æмæ-иу æй афтæ бæстон сарæзта, афтæ, æмæ, цæйау.,^ акæнынц, дон дзы нал атагъдаид. Йæхи хæдзары дæр , дзæбæхаг исты зонгæйæ (ныр та ма цы, фæлæ цалын- , мæ йæ ныййарджытæ удæгас уыдысты, уæдмæ), иунæ-'^ гæй никуы æрбацыдаид хæдзармæ. Хъуамæ искæйтьгг фæхуыдтаид сæхимæ. Афтæмæй мын адджындæр вæй- ;; йы мæ къæбæр, зæгъгæ-иу, фæкодта, уый фæстæ-иу æм ; 132
{'1ае фыд куы хæцыд, уæд-иу йæхи ницыхъусæг скодта. Мад афтæ нæ уыдис, мæгуыр, æмæ уыимæ дæр арæх ХЬ1Л кодта йæ лæг. Иæ уд иудадзыг йæ армы дардта. 0æ армы кондæй-иу ын исчи куы ацахуыста, уымæй æхсызгондæр æм ницы зынд царды, мæгуыр’, фæлæ йын уЫй фадат’нæ уыд. Уæддæр йæ фырт куы рахъомыл, адæмы рæгъмæ цæуын куы байдыдта æмæ. йæ фыды азнæгъдау, æвæтк миты ныхмæ сдзурынхъом куы фæ- цнс, уæд чысыл феуæгъд ис йе уæнгты баст æмæ ма йын ды бантыст, уыйбæрц ныммардта йæ мондæгтæ адæмæн лæггад кæнынæй... Æмæ-иу Газаны кой искуы хъæуы адæмæй искæмæ куы ’рхауд йæ фæсфæдæй, уæд- иу æнæмæнг исчи афтæ хъуамæ бакодтаид: «Уый Дзы- лытæй нæу. Уый сыгъдæгæй дæр рахаста йæ мады туг». 0, фæлæ йæ ныййарджытæ куы фæзиан сты æмæ хæ- дзары цыдæриддæр нозт уыд, уыдон куы бахардз сты марды кæндтæн, уæд ма цæмæ хуыдтаид искæй йæ хæ- дзармæ? Йæхæдæг дæр фылдæр Саучызджы конд хæ- ринаг хордта. Уырдæм та искæимæ æрбацæуын стыр фыдракæндæй фыддæр хабар уыдаид æмæ сæм йæхæ- дæг дæр зивæгæй цыд. О, æмæ уый дзырдтон, Дзылыты дыккаг хæдзарæн æххæст хæдзарыл банымайæн нæ уыд. Ам нæлгойма- джы фидар цæнгтæ бæргæ уыд, фæлæ дзы сылгойма- джы мийæн нæ уыд сылгоймаджы уæздан цæнгтæ æмæ йын уый кайдта йæ хæдзары номæй. Саучызг сæ дыу- уæмæ дæр, Газанмæ дæр æмæ Хуыгамæ дæр арæх загъд кодта. Загъд цы, къуыммæ-иу сæ батардта: — Цы туг уыл ныууарыд, Дзылыты зæронд усгуртæ \зæронд сæ барæй хуыдта, æндæра сæ дыууæ дæр ныр- ма æрæджы бахызтысты сæ усгуры кармæ), ус раку- Рын дæр уæ куы никæмæнуал æнтысы, уæд цы хуыца- Уæй æлгъыст фестут! Мæнæ мыггагскъуыд куы кæнут, Уæд, уæ уæзæг уæзæгуат куы фæуа, уæ уæзæг Тыны хъæуы сабитæн хъæлæй хъазæн куы суа, уымæй та цæ- Уылнæ тæрсут? Акæсут ма адæммæ. Алчи йæ хъуы- Х1Ь1збыл къæбæдайæн дæр ус куры, цæмæй йæ мыггаг ^зргъ æмæ уæрæх кæна, сымах та уæ мыггаджы сæфт- Мае, стъæлдмæ тæрут... — Тыхсгæ ма кæн, Саучызг, — хъазгæмхасæн-иу ын НЬ1фсытæ æвæрдта Газан. — Мах Хуыгаимæ хъуамæ ра- ^Урæм фаззон хотæ. Ракурдзыстæм фаззон хотæ, лæп- ^Утæ арынмæ рæвдз чи уа, ахæм мыггагæй. Иу дзæбæх °п ссардзыстæм ахæм мыггаг, науæд та нæ уыцы мыг- 133
гаг йæхæдæг ссардзæн æмæ стæй ды кæсдзынæ, æн-^ дæра ма цалдæр азмæ Дзылыты уæзæг нæ, фæлæ æгасд Тыны хъуы уынгты дæр мах лæппутæй азмæлæн уа. $ — Мæ уд уын уый куы фестид, фæлæ рæстæг сщ махмæ нæ кæсы, — ныууырдыг-иу сæм ис Саучызг. —|< Рæстæг йæ цыд кæны æмæ сымахæн уæ царды бонтæй;; куыд кайы, уæ нæлдзинады хъаруйæ дæр уын афтæ ка^; йы æмæ уыцы фаззон чызджытæ, мыййаг, уæлдæфæй?; ярдзысты лæппутæ?! | — Ау, æмæ Дзылытæй нæлгоймагæн дæр йæ хъару'; нхсигæ кæны, Саучызг? — барæй-иу уыцы дисгъуыз^; ныккодта йæхи Газан... — Куыйтæ стут æмæ куыдзмæ та фæнды дзур, фæн-5 ды ма, — йæ къух-иу ауыгъта Саучызг æмæ-иу истцч митыл йæхи фæкодта. ’ :; Лæппутæн-иу уый худæджы, хъазыны хос фæцис. Кæ-; рæдзиуыл-иу худгæйæ сæхи андæгътой, райдыдтой-иу; хъæбысæй хæцын, кæрæдзи æууæрдын. Дзæбæх-иу куы, фæхынджылæг кодтой, кæрæдзийы хид-иу куы рауапй той, уæд та-иу сæ алчи йæ хъуыддаджы фæдыл ацыд/ Газанæн-иу йæхицæн куы ницы куыст уыд, уæддæр" æнæмæнг хъуамæ искæмæ ссардтаид, йæ тыхæй иу-/ чысыл кæм фæкайа, ахæм мийаг. Хуыга никуы баца-^ гуырдта куыстаг. Никуы азылд хъæуы уынгты йæ ты-'; хæй искæй хæрзиуæгæн иу уырзы бæрц уæддæр фæка-; йыны номыл исты ми бацагурынмæ. Æниу, йæ мид-, зæрдæйы кæмдæр хæлæг кодта йæ дыккагхæдзармæ;1 Кæцæйдæр æм йæ мидхъуыды дзырдта, ды дæр æй ба-< фæзм, ды уымæй æдыхдæр, æнæсæрæндæр куынæ дæ^ Дæуæй цæуылнæ искуы исчи раппæлы? Бафæлвар ды дæр. Иу хатт бафæлвар æмæ дæ стæй, чизоны, хъæу-| бæстæ сæ хур, сæ цардаразæг рахоной... Æмæ-иу хатт рахъавыд бафæлварынмæ, фæлæ та-иу ын цыдæр æн/ дæргъуызон æнкъарæн йе уæнгтæ андзыг кодта. Кæ;' цæйдæр-иу æм цыма æрбадзырдæуыд; «Уый цытæ кæ^ ныс, æнæнтыст?! Уый цы сфæнд кодтай? Æгас комбæста| ард кæмæй хордтой, уыцы разагътайы Дзылытæй ма дыууæ дзынгайæ баззадыстут. Иу дзы фесæфта йæ фц| дæлты фарн. Дæллаг галы бынаты ныллæууыд Тынь| хъæуы ницæйаг адæмæн. Æххæст ма сын се 'скъæтта| 1 мæрзын дæр куы райдаид, æндæр ницæмæн бæззы У&Ц дæр. Ныр ма ды дæр уый бафæзм æмæ сын дæллаг г^* лимæ уæллаг гал дæр уа. Дыууæ галау уæ ифтындзойг æмæ уæ хуым кæной, кадджын Дзылыты ницæйаг бын-. 134 ’л
дартæ!» — Афтæ-иу æм цыма æрбадзырдæуыд. Стæй-иу зем цыма зонгæ хъæлæсæй дзырдæуыд, цыма йæ мады хъæлæсæй цыдысты уыцы дзырдтæ, афтæ-иу æм каст æмæ-иу йе уæнгтæ уыцы æнæад уазал аисты. Цыдæр- гъуызон-иу ахæм судзаг æнкъарæн атыхст йе ’уæнгтыл, цыма йæ тыныхъæуккаг лæг сивтыгъта гутоны. Цыма уый уæлейæ ифтыгъд у, дæлейæ та — Газан. Цыма афтæ уыцы æнæивгæйæ ласынц гутон. Ласынц æй æмæ хуым кæнынц Тыны хъæуы адæмы зæххытæ. Тыныхъæуккаг лæг та гутон дары. Гутоныл дæр йæхæдæг хæцы æмæ сæ скъæргæ дæр йæхæдæг кæны. Даргъ уис дары йæ къухы æмæ сын уымæй сæ фæлмæнтæ цъыччытæ кæны. Æмæ-иу йæ удыл ахæм æнæад æнкъарæнтæ куы стыхстысты, уæд-иу йæ бон йæ зæрдæйы хъизæмар уро- мын нал уыд. Нал-иу уыд йæ уды удхармæ кæсын йæ бон æмæ-иу сыстад. Кæм бадт, уырдыгæй-иу сыстад æмæ-иу йæхи айста кæнæ доны былырдæм, науæд та хъæдмæ. Хъæдмæ цæугæйæ-иу хатт йæ цуангæнæг фы- ды æхсæнгарз дæр айста йемæ. Ахаста-иу нæмгуытæ дæр, фæлæ... Æ, дæ мад макуы амæла, Хуыга, кæд дæу- мæ дæ фыды тугæй дæр ницы ис æмæ æгас Дзылыты тугæй дæр! Дæ мад дын дæ зæрдæйыл æмпъузæнау цы ныххуыдта Дзылыты мыггаджы миниуджытæй, уыдон ыл æххæст нæ баныхæстысты. Дæ тугдадзинты дзы ни- цы ахъардта æмæ афтæ уæгъд змæлд кæнынц. Уæдæ дæм дæ фыды тугæй дæр ницы фæцис. Уый-иу дардмæ кУы суыдта сырд, цахæмфæнды сырд уæд, налдæр-иу ын бон уыд, налдæр æхсæв. Нæдæр æй сусæны мæйы тæвд тыхсын кодта, нæдæр тъæнджы мæйы уазал. Йæ уды конды ма-иу уыцы сырд уыд. Уый ма-иу уыдта цæстæй дæр, зондæй дæр, буары æнкъарынадæй дæр æмæ-иу цалынмæ йæ амæттаг фæцис, уæдмæ-иу йæхицæн æнцой нал лæвæрдта. Дæуæн та тæрхъус, рувас, науæд сæгуыт дæ къахыл куы ныллæууа, уæддæр дзы иу æрду ратонын дæр дæ зæрдæ куынæ хæссы, уæд ды цыхуы- зæн дзылытаг лæг дæ? Уæд ды цыхуызæн цуангæнæг лæг дæ? Уыцы хъримаджы та ма цы фыдæбонæй-ма- рыс, æви дзы *дæхи марыс фыдæбонæй? Иæ гæрз-бос дын де уæхск куы ныллыг ка^ны æмæ дын хъæуы лæп- путы хъазгæмхасæн фидис та’ дæ зæрдæ куы лыг кæ- ны, уæд æй цы ратæр-батæр кæныс? Фæлтау иу æхсæр •лæдзæг ралыг кæн искуы æмæ уый хæсс демæ... Ацы хъуыддаджы тыххæй дыууæ лæппуйы, Газан земæ Хуыга, кæрæдзимæ табиц дæр хастой, фæлæ йæ 135
æмбæхстой. Кæрæдзийæн æй никуы схъæр кодтой, иу дзы нсты хуызы иннæуыл бандавдзæн, уый ныфс сæ никæй уыд æмæ уый тыххæй æмбæхстой, кæрæдзимæ кæй хастой, уыцы табиц. Табицаг та сын уый уыд, æмæ Газанæн хъыг æмæ зын уыд, Хуыга адæмы æхсæнмæ кæй нæ цыд, йæхи хъæуы фæсивæдæй хибар кæй’лас-' та, уый. Хуыгайæн та йæ астæуы магъз лыг кодта, Га- зан, Дзылытæй уæвгæйæ, Тыны хъæуы фæсивæдимæ йæ- хи уыдон æмсæрмæ кæй æппæрста, се ’мдзæхтон кæй сси, уый... Фæлæ уæддæр Саучызгæн дæр æмæ кæрæдзийæн дæр дзырдтой, ныфс æвæрдтой, фаззон хотæ кæй ракур- дзысты æмæ æмсиæхстæ кæй ^уыдзысты, цалдæр азмæ Дзылыты афтид уæзæг лæппу фæсивæд æмæ чызг фæ- сивæдæй кæй байдзаг кæндзысты, уымæй. Ацы хабар фæстагмæ сæ зæрдæты афтæ ахъардта, æмæ сæхи дæр райдыдта уырнын. Сæ иумæ дæр ,æмæ иннæмæ дæр аф- тæ кæсын байдыдта, цыма цалынмæ фаззон хотæ ссарой, уæдмæ сын устытæ ракурæн нæй æмæ дзы ничи фæл- вæрдта йæхицæн æмкъайаг бацагурыныл. Æнхъæлмæ кастысты фаззон хотæн сæхи фæзындмæ. Æмæ уыцы æнхъæлмæ касты Газаныл æрцыд, кйæхæдæг дæр æрæг- мæ кæй æрæмбæрзта, ахæм хабар. Уарзгæ кæй бакодта æмæ йын æнæ уыцы уарзт цард ад кæй нал скæндзæн, уый базыдта, баууæндыд ыл, фæлæ сæ уый Хуыгаимæсæ ныхас, сæ фæнд сæххæсг кæнынæн бакъуылымпы кæн- дзæн, бахъыг сæ дардзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Йæ зæрдæ уыцы уарзондзинады малы ленчытæ кодта, уæддæр ма дзы цавæрдæр стъæлфæнтæ æнхъæл- мæ кастысты, Хуыгаимæ хатджытæ кæмæ барвитой, ахæм фаззон хоты фæзындмæ. Диссаг куыд нæу адæймаджы сконд! Дæхи раз дæ- хи сай, уый диссаг у, уæдæ цы у! Дæ удыл дын иу са- гъæс сагъуыди, ды та ма уæддæр дæ быцъынæг æндæ- рæрдæм тон, æнцай æндæрæрдæм, ихыл цæуæг галау. Уый дын адæймаджы уды конды хинмитæ! Цуца та — йæ зæронд хæлæртты зæрдæхудты нстæ- мæй бацæудзæн, зæгъгæ, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд. Зæгъгæ дæр сын афтæ кодта. Зæрæдтæ куы базыдтой, сæ кæнгæ чызг Газаимæ моймæ цæуинаг кæй у, уый, уæд тынг нынкъард сты. Исдуг фæлваргæ дæр акЬдтой. Зындгонд сын уыд, Дзылытæ сылгоймагмæ, уæлдайдæр та ног æрцæуæг чындзмæ цы цæстæй кæ- сынц, уый æмæ сæ къахджын-къухджынтæй фæдзырдтой 136
Цуцайæн. Кæд, зæгъгæ, йæ зæрдæ фæтасид, æнæуый дæр хъысмæтæй æфхæрд чызг, æндæр фыдранмæ баха- уынæй тæрсгæйæ, йæ хъуыдыйыл йæ къух сисид æмæ нал сразы уаид уыцы мыггагмæ чындзы фæцæуыныл, фæлæ, æгæр фæндвидар разынд. — Цæй мыггаг ма дзы ис, цæ? — иу хатт сфæрæзта йæ зæрæдтæм фæстæмæ дзурын Цуца. — Дыууæ лæппу æмæ ма иу зæронд ус сты. Уыдон дзылытæ нæ, хæххон { цæргæстæ куы фестой, уæддæр мын-ницы ракæндзыс- ты. Хъуыддаг уымæ куы ’рцæуа, уæд сæ иу бон иу ранмæ æрæмбырд кæндзынæн æртæйæ дæр æмæ сæ дзæбæх фæнæмдзынæн, стæй дæр ма куы нæ лæууой, уæд та бын- тондæр рафардæг уыдзынæн. Ноджы ма сæ иу-хатт фæ- нæмдзынæн æмæ стæй рафардæг уыдзынæн. Сымах та æз дзæгъæлæй нæ ныууадздзынæн? Уымæй мыл уæ зæр- дæ дарут. Тыны хъæу дæр, мыййаг, авд æфцæгæн æдде- йæ куынæ ис. Алы къуыри дæр "уæ бæрæг кæндзынæн,. стæй нæ цард йæ къахыл куы слæууа, уæд та-иу уæ зы- мæг уырдæм акæндзынæн. Мæнæ-иу дыргъдоны тыллæг куы бафснайæм,' уæд-иу уæ уырдæм акæндзынæн æмæ-иу уалдзæгмæ уым фæуыдзыстут. ч Цы загътаиккой, мæгуыр, уыцы æнæбон зæрæдтæ? Ницы сæ бон уыд хивæнд зæрдæйы ныхмæ зæгъын. Сфæнд кодта, иугæр афтæ сдзырдта, уæд æй ничиуал ба- уромдзæн æмæ ма йын йæхи зæрдæ та цы риссын кодта- иккой? Цы ма йæ хъыг кодтаиккой сæхимæ. Цы ныфсы- тæ сын æвæрдта, уыдонæй сæхæдæг сæхицæн стыр ныфс не ’вæрдтой. Дзылытæй ма æртæйæ нæ, фæлæ иу саби кæм уа, уым дæр дзылытаг фæтк кæй уыдзæн, уый æн- къардтой æмæ сын иугæр нæ байхъуыста сæ ныхасмæ, уæд æй уыдон дæр ныууагътой йæхи бар. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ ма-иу нæ уæддæр абæрæг кæн, зæгъгæ, йын бæр- гæ бафæдзæхстой, фæлæ... Дзылытæ Дзылытæ кæп сты, уый сæхæдæг зыдтой æмæ хъуыддаг цæугæ дæр афтæ ракодта. Афтæ æрцыд фыццаг бонæй фæстæмæ æмæ Цуца йæ зæронд хæлæрт- ты уынгæ дæр никуыуал фæкодта. Кæд æмæ куыд амар- дысты, сæ бынтæ кæмæн баззадысты, уый дæр нал ба- зыдта... * * * Саучызг ног чындзы алывæрсты зилы хайуан æлхæ- наегау. Сæрæй къæхтæм, къæхтæй сæрмæ йæ бары уыцы 137
уæззау, уæнгты тъæнджы мæйы уазалау стæджы онг чи хъары, ахæм цæстæнгасæй. Цуца йæ раздæр ницæмæ æр- дардта. Даргæ нæ, цæмæндæр æм йæ зæронд гыццийы æнгæс фæкаст æмæ йын æхсызгон уыд. Йæхинымæры йыл бацин кодта. Афтæ дæр ма батæхуды кодта, дæттæй, мæ боныл, мæ ныййарæг мады ад мын куы скæнид ацы дзæ- бæх, мæ зæронд гыццийы æнгæс сылгоймаг. Афтæ батæ- худы кодта æмæ йæ цæмæндæр уырнгæ дæр кодта æмæ йын исдуг уымæн ницæмæ æрдардта йæ лыстæг кæстытæ, фæла уыцы кæстыты, уыцы алываро разил-базилты æгæр куы ныббирæ кодта, йæ нарæг уæхсчыты æгæр куы фел- хъив-фелхъив кодта, уæд дзы старст. Цыдæргъуызон дзы старст. Цыма сылгоймаг нæ, фæлæ дынджыр горабындз у æмæ дзы хъæстæ фат цыран фæсадза, йæ буар кæцы- раы тæнæгдæр æмæ фæлмæндæр уыдзæн, йæ фат дзы цыран арфдæр аныхсдзæн, цыма йын йæ буарыл ахæм бынат агуры, афтæ фæкаст чызгмæ, мæгуыр, æмæ дзы старст. Ныр налдæр иуран бадын уæндыд, налдæр лæу- уын. Ус куыд зылд,.афтæ уый дæр йæ цæстæнгас зылдта йæ фæдыл. Хъахъхъæдта йæ æмæ йæхи æрцæттæ кодта: мыййаг æм фæлæбурынмæ куы хъава, уæд æй .хъуамæ йæхæдæг раздæр ацахса.' Уадз æмæ йæ фыццаг æрбацы- дæй йæ худинаг ныхъхъæр уæд ацы хъæуы. Цæмæн хъуамæ радта йæ цард лæвар? Кæддæр ын чидæр бай- сынмæ кæй хъавыд æмæ йын дзæбæх адæм фæстæмæ кæй радтой, уыцы цард ныр лæвар цæмæн хъуамæ радта цавæрдæр сылгоймаг-бындзæн... Раст ахæм хъуыдытæ тсодта æмæ-иу арæх Газанмæ бакаст. Бакаст-иу æм æмæ- иу йæ зæрдæ фæцæйтыдта, ’мæгуыр. Уый (Газан) уыцы æнцад бадт æмæ -цыдæр сæрыстыргъуызæй каст Сау- чызгмæ. Ахæм цæстæнгас ын уыд, раст ын цыма (Сау- чызгæн) йæхинымæры дзырдта, кæсыс, зæронд бындз, цы цæстыахадгæ амæттаг дын æрбасайдтоп дæ ахстон- мæ. Ныр дзы ныссадз дæ хъæстæ фат æмæ йын цъир йæ туг. Цъир ын æй, цалынмæ бынтондæр нæ басур уа, уæд- мæ... Афтæ йæм фæкаст Саучызджы архайд æмæ Газа- ны цæстæнгас æмæ йæхинымæры фидарæй аскъуыддзаг кодта: «Уæдæ мæ уæ сæгъ скæнут, уæ дыууæйы дæр æз мæнæ уæ кæлæтдзаг хæдзары къултыл фиуы къæрттау куы нæ байсæрдон. Чысылдæр мæм уæ исчи фæныхилæд, стæй мæхæдæг зонын. Сыл домбайау уыл кæд мæхи нæ ныццæвон æмæ уæ дыууæйы дæр нæ ныххурх кæнон, уæд». 138
Куыд сæ хурх кæндзæн, уый йæ цæстытыл куы ауад, уæд йæхицæн фæтæригъæд кодта. Хъысмæт ын ахæм фыдбоны цард кæй сныв кодта, уый тыххæй йæхицæн фæтæригъæд кодта æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Суынгæг ис йæ зæрдæ æмæ ныккуыдта зæрдæхалæн куыдæй. Афтæ тынг кæуын æм цыд æмæ йæхи кæнæ сынтæгыл, кæнæ зæх- хыл хъуамæ ныццавтаид. Лæугæйæ кæуын æм зын каст æмæ йæхи хъуамæ искуы дæлгоммæ ныппæрстаид. Уый бакæныны тыххæй иу къахдзæф размæ дæр сарæзта, фæ- лæ йæхи фæурæдта. Кæуынæй нæ. Кæуынæйнæ фæурæд- та йæхи, фæлæ дæлгоммæ ахауынæй. «Æнцондæрæй дæ цæмæй аныхъуырой, ахæм уавæр сын куы аразыс, æна- монд», — цыдæр æм йæ риуы хуылфæй афтæ сдзырдта æмæ йæхи фæурæдта. Фæлтау лæугæйæ-кæудзæн. Æмæ куыдта, фæлæ йæм Газан йæхи æрбаппæрста. Йæ разы йæ иу уæрагыл æрхауд. Иæ къухтæм ын февнæлдта. Хæрдмæ йæм уыцы лæгъстæгъуызæй кæсы æмæ йæм дзу- ры. Дзуры йæм тынг фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй: — Кæугæ цæмæн кæныс, Цуца? Ма ку, курын дæ, на- уæд мæхицæн дæр, дæумæ кæсгæйæ, мæ зæрдæ уынгæг кæны. — Дзылыты сæрыстыр мыггаджы нæлгоймæгтæ-иу сылгоймаджы раз сæ уæрджытыл нæ, фæлæ сæ къахы фындзтыл лæууын дæр бæргæ нæ хастой сæ сæрмæ, фæ- лæ ма ныр кæм сты уыцы Дзылыты фæсивæд? — уыцы уæззау, уынæргъгæ æнгас хъæлæсæй ралæмæрста Сау- чызг æмæ сæм йæ нарысæвн фæсонтæ аздæхта. Дзылы- тæй нæлгоймаг сылгоймаджы раз йæ зонгуытыл кæн лæууы æмæ, уый дæр сылгоймаджы кæуынмæ скæуинаг кæй у, уымæ кæсын æм цыма цыдæр æнæуынондзинад æвзæрын кæны æмæ сæ йæ цæстæнгас хизгæ кæны, уый зылд акодта, йæ мæллæг къухтæ йæ хауд синтыл сæвæрд- та æмæ хатæны дыууæрдæм цæуы. Газан йæ фæдыл ахæм фыдæх цæстæнгасæй акаст, йæ дæндæгты къæс- къæс афтæ тынг райхъуыст, æмæ Цуца уайтагъд фæха- тыдта, ам хъуыддаг, уый куыд нымадта, афтæ кæй нæу. Банкъардта, Газан æй уыцы бындзæнгас сылгоймагæн æцæгæй амæттагæн кæй не ’рбакодта, фæлæ йæхæдæг йæ хъæстæ фат барæй кæй тъыссы сидзæр лæппуйы цар- ды, уый, æмæ фæтæригъæд кодта Газанæн. Иæ къухтыл ын схæцыд æмæ йæ сыстын кодта. Уый йын йæ цæссыгтæ сæрфы æмæ йын ныллæг хъæлæсæй, цыма йæ дзырдтæ ис- кæмæй æмбæхсгæ кæны, ахæм ныллæг хъæлæсæй йын дзуры: ’ 139
— Мауал ку, Цуца. Алцы дæр уыдзæн, дæхи куыд фæнда, афтæ. — Бауадз æй æмæ акæуа, — йæ уæхсчы сæрты сæм ракаст Саучызг, — дæмæй йын тæрсыс? Нæ уæзæгмæ кæд стыр кадимæ пе ’рбацыд, кæд чындзхæсджыты топпы гæрæхтæ æмæ лæгтыдзуары зарджытæ нæ ай- хъуысын кодта нæ уæзæгæй, уæддæр нæм чындзы номыл æрбацыд. Ам хъуамæ ссара йæ чызгон хæтæнты арæн æмæ, иучысыл куы акæуа, уæд ын цæмæй тæрсыс? Йæ чындзы цæуæн бон алы чызг дæр фæкæуы. Уый кæм фыр- цинæй куыд вæййы, кæм та уæлæнгай æхцон тасы тых- хæй. Мæхицæй йæ зонын. — Дæхи номыл дæр цыма стыр чындзæхсæвтæ не ’рцыд нæ уæзæгыл арæзт, афтæ фехъуыстон, — цыдæр чъызгæ йæм бадзырдта Газан, цыма дзы истæмæй тæрс- гæ кодта. — Мæнæн æндæр уыд мæ хъуыддаг, — йе ’ргом сæм не здахы, афтæмæй дзуры Саучызг. — Сайгæ мæ фæкод- та де ’рвад. Стæй мæм^мæ цæгат фæхæрам сты, афтæ кæй загътон, зæгъын, мæхи фæндæй æрбацыдтæн, уый тых- хæй. Фæхæрам мæм сты æмæ мын нал скодтой чындзæх- сæв. — Ау, ныййарджытæ дын уыд æмæ уыдон зæрдæ- худты бацыдтæ чындзы фæцæуыны бæллицæй? — Цуца дæр æм нал фæлæууыд æмæ йæ уыцы дисгъуызæй афарста. — Æмæ ды нæ бацыдтæ дæ ныййарджыты зæрдæхуд- ты, мæнæ ацы хуызæнæй куы ’рбасхъæл дæ, уæд? — цæхгæр æм фæзылд Саучызг. Нырмæ йæм ахæм ныхæс- тæ’никуы ничи бауæндыд. Ныр ын сæ дыууæ дæр йæ цæстмæ бадардтой, кæддæр цы уыд, уый, æмæ йæ Газа- нæн дæр тыхæй ныххатыр кодта, ныр та йæм ацы гадза дæр (афтæ йæ схуыдта йæхи нымæры) æрбахаста йæ ныфс. — Мæнæн ныййарджытæ куы уыдаид, уæд... Иу зæ- ронд ус^æмæ лæгимæ схæлар дæн. Сæхицæн мæ чызг чзагътой! Хъуамæ мæ сæхимæ бакодтаиккой цæрынмæ. Æз уыдон хъыджы кæй бацыдтæн, уый дæр мæхицæн фыдракæндыл нымайын. Мæхи ныййарджытæ мын куы уаид, уæд та сын цæмæн хъуамæ скодтаин ахæм маст... - — ,Æмæ, уæдæ, кæм сты дæ ныййарджытæ? — фес- къуыдта йын йæ дзырд тызмæгæй. — Æз уыцы зæрæдты базыдтон ныййарджыты номыл æмæ сæ ныр дæр нæ ферох кæндзынæн. Сæрд-иу сæм 140
уырдæм цæудзынæн. Æххуыс сын кæндзынæн, зымæг та- иу сæ ардæм... Афтæ нæ бадзырдтам Газан? — Газаимæ фездæхт Цуца. — Афтæ, — загъта Газан, æмæ та Саучызг нуæрдæм куы азылд, уæд æрбахъæбыс кодта Цуцайы. — Дзылыты уæзæгыл ныртæккæ нырма хисдæры но- мыл æз дæн æмæ уал ахæмтæй хъуамæ фæрсат мæн... Цæй, æгæр тызмæгæй фембæлдыстæм, чындз, кæрæдзи- йыл, фæлæ ницы кæны. Æз æнхъæл дæн, æмæ кæрæдзи бамбардзыстæм, — йæ цæсгомы хуыз дæр æмæ йæ уаг дæр бынтон фæивта Саучызг. — Дзæбæх чызджы хуы- зæн мæм кæсыс æмæ кæд мæнмæ хъусай, уæд сбæздзы- нæ Дзылытæн чындзæн, уæд сбæздзынæ Дзылыты кад- джын маггаг адарддæр кæнынæн. Уый тыххæй та нæ ис- тытæ фенын хъæуы, лæппу, æмæ ам дæ усы раз дæ хæ- лафы уæрджытæ ма ихсийын • кæн, фæлæ истытæ фен. Уым лæппу цыдæртæ змæлы. Æцæг æй фæсайдтай, æм- сиæхстæ хъуамæ уæм, зæгъгæ, йын ныфс æвæрдтай æмæ йæ фæсайдтай, фæлæ уымæн уæддæр æвзæр зæрдæ нæй æмæ цыдæртæ цæттæ кæны. Фæкæс æм æмæ искæмæты фæдзурут... * * * Газан! Хъæубæстæ сæ тагъд фæдисон, сæ фæсивæды фидыц кæй хонынц, Дзылытæй йæм ницы фæцис, иууыл- дæр йæ мады туг рахаста, зæгъгæ, кæмæй фæдзурынц, уыцы Газан. Иæ уды кондау, йе ’рдзы конд, йе ’ддаг ба- каст дæр у рæсугъд. Бæрзонд, рæхснаг лæппу, йæ уæхс- чытæ — фæтæн æмæ фидæрттæ конд. Йæ саулагъз рустæ æдзух вæййынц булкъдаст æмæ йæ цæсгомы нысæнттæ алы хатт дæр уыцы дзæбæх бæрæгæй фæзынынц. Цæс- ты сау гагуытæ иугæндзон уыцы ирд æрттывд кæнынц æмæ сыл худынæнгас хуры тынтау тыбар-тыбур кæны. — Æппын дын дæ уды кондмæ маст никуы февзиды, дæ бинонтæм дæ фæтарди? Æдзух дæ цæсгомы нуæрттæ худгæ куы кæнынц, уæд уыйцы хабар у? Æви дæ зæр- дæйæн йæ æддæмæ ракæсæн дуар ууылты нæу, æмæ дзы цытæ цæуы, уый дæ цæстытæ нæ зонынц? — искуы йын иу хатт афтæ æнæмæнг исчи бафæразы. Æмæ уæд Газан канд цæстытæй нæ, фæлæ йæ былтæй дæр бахуды. — Мæ зæрдæйы цы ис, уый мæхи фæллой у, — ахæм дзуапп æм разыны йæ бафæрсæгæн. — Мæ фæллойæ та 141
адæмы рæгъмæ рахæссыны аккаг цы у, уый сын хæлар уæд. Мæ фæллойæ искæмæн йæ уды кондмæ, йæ зæрдæ- мæ масты армæй чи фæныхилдзæн, уый цæмæн хæссынг адæммæ? Мæхи у æмæ йæ алы хатт дæр мæхицæн_уадз- дзынæн. Фæлæ Газан йæхи фæллой кæй хоны æмæ адæмы рæгъмæ рахæссинаг кæй никуы вæййы, уый дæр ын кæд- дæрты раирвæзы. Нал æй бауромы æмæ уæд, мæгуыр,. цæф галы богъ ныккæны. Æндæр ын куы ницыуал гæ- нæн вæййы, уæд цæф галы богъ ныккæны æмæ иу цасдæр рæстаег йæ гаччы нал æрбады. Ацы хабар ын йæ ног чын- дзæй ’иу хатт федта Цуца дæр æмæ йæ зæрдæйæ никуы уал сæфтыд. Йæхæдæг та (Газан) йæ зæрдæмæ (Цуца- йæн) ноджы арфдæр бахызт, ноджы йын адджындæр æмæ зынаргъдæр адæймаг ссис... Фалæсыхы уыд чындзæхсæв. Газаны хуыздæр хæ- лæрттæй иу ус хаста. Газан Цуцайæн уыйразмæ бон загъ- та, райсом нæ рагацау бацæуын хъæудзæн. Истæмæты сæм фæкæсæм. Рагацау-иу хуын сцæттæ кæн, æз та уал уæдмæ истытæ акусдзынæн. Цуцайæн æхсызгон куыд нæ хъуамæ уыдаид? Чын- дзæхсæвæй хуыздæр кæм базонгæ уыдзæн хъæуы чыз- джытæ æмæ ног чындзытимæ? Уый та нырма иу æмгар дæр не ’ссардта йæхицæи. Æмæ уаргæ дæр кæм скæна? Нырма йæ зæрдæйы фаг кæрты дуарæй æддæмæ дæр ни- куы ахызт. Сылгоймæгтæ изæрыгæтты, сæ миты фæстæ суадоны цур къордтæ-къордтæй кæй фембырд вæййынц, уый зоны. Иæхæдæг дæр æй федта, фæлæ дзы искæимæ сныхас кæна, искæимæ базонгæ уа, уый фадат ын нæ фæ- цис. Сæхицæй дæр никæмæ разынд уыйбæрц уæздандзи- над. Дардмæ сæ куы федта, уæд æнхъæлдта, зæгъгæ, мыл ныр тыгуыртæ кæндзысты. Алкæй дæр сæ фæнддзæн мæ къух райсын, истæмæйты мæ афæрсын. Куыд никуы фед- та, ног чындзыл куыд узæлыи байдайынц хъæуы сыл- гоймæгтæ, уый? Æмæ ныр ууыл дæр афтæ кæй узæл- дзысты, уый æмбæрста. Нырма йæ фыццаг хатт уынынц æмæ йыл æнæмæнг алыгъуызæтты узæлдзысты. Чи йæ дзы фырбуцæн æлхысчъытæ кæндзæн, чи йын комком- мæ йæ цæстытæм кæсдзæн... Æмæ развæлгъау тыхст, мæ- гуыр. Фæлæ дзы ахæмтæй ницы разынд. Уый нæ, фæлæ дзы йæ бынатæй змæлгæ дæр ничи фæкодта. Чидæртæ йæм дзы сæ уæхсчы сæрты цыдæр ныхæстæ æрбаппæр- стой, фæлæ сыи ницы бамбæрста. Цæмæн æм ахæм цæс- тæй ракастысты, уымæн ницы бамбæрста. Уый хæдзарæй 142
дэер ахæм хъуыдыимæ рацыд. Искæйты дзы фендзæн, зæгъгæ. Семæ базонгæ уыдзынæн. Æмбæлтты 'хсæн> адæмы ’хсæн схъомыл ис æмæ йыл ам уыцы иунæгæй бæстæ гуыр-гуыр кодта. Æдзух йæ разы халоны бадт код- • та Саучызг. Æндæр никæй уыдта æмæ дзы сфæлмæцыд. Йæхи дзы исчердæм куы атонид æмæ æндæр искæимæты куы базонгæ уаид, уый йæ тынг фæндыд æмæ ацы изæр уыцы хъуыдыимæ рацыд. Йæхи дзæбæх рацарæзта. Уадз æмæ, зæгъгæ, сæ зæрдæмæ хуыздæр фæцæуон... Æмæ кæрты дуарæй куыддæр рахызт, афтæ та Саучызг йæ разы февзæрд. Февзæрд та йæ разы, сау халонау, æмæ ма, мæгуыр чызгæн чысыл бахъуыд, йæ зæрдæ бауазал уа. Фæлæ йын уый фадат дæр нæ радта Саучызг. Уыцы тызмæгæй йæ афарста: — Кæдæм рабæлццон дæ? — Мæнæ дон æрбадавон, — буцтæгъуызæй йын дзуапп радта уый дæр. — Æмæ Газан кæм ис, уый цæуылнæ цæуы донмæ? — Уæртæ канторæйырдæм азылд. Цыдæр хъуыддæг- тæ, дам, мæ ис. — Уый — канторæмæ, ды та — донмæ, нæ? — цыма йæ нсты фыдмигæнгæ баййæфта, ахæм фарст æй акодта. — Ой, цы диссаг у, мыййаг, дон искæмæй давгæ ра- кæндзынæн? — Ды нæ радавдзынæ, фæлæ дын афтæ дзæгъæл цæу- гæйæ дæхи зæрдæйы æнкъарæнтæ исчи адавдзæн æмæ уыцы хуызы ды Дзылытæн къух нал ратдзынæ, — ахæм суйтæ дзуапп ын радта, æмæ дзы Цуца æппындæр ницы бамбæрста. Ницы дзы бамбæрста æмæ йæ мидбыл мæс- ты худт бакодта: — Чи мын адавдзæн мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, на- \'æд куыд? Мыййаг сæ мæнæ мæ ведрайы мидæг хæссын? — Айык каркæн къуыртты бадын куыд амыдта, уый ныхæстæ мын ма кæн, фæлæ ам фæлæу. Æз дæр донмæ "æуын æмæ иумæ ацæуæм. — Дæ зедра мæм авæр æмæ дын дзы æз æрбахæсдзы- :*æн. Ды ма цы фыдбон кæныс? — йæ зæрды йын уæддæр «члæггад кæыын уыд, фæлæ йæм уый фæстæмæ дæр нал Фæкаст. Уайтагъд рауадиу гыццыл чъыбылаимæ. — Æз дæуæй фылдæр фæтыдтон мæ гæрзтæ адæмы хсæнмæ рацæуыны тыххæй, — доны фæндагыл куы араст сты, уæд ницы-мапæмæйты райдыдта афтæ дзу- Рын Саучызг. — Тыдтон æз дæр мæ гæрзтæ, фæлæ мæнæн Ма^ рохтыл фидар хæцджытæ уыд æмæ сæм уæд мæсты 143
кодтон. Мæнæ ныртæккæ ды мæнмæ куыд мæсты кæныс, афтæ сæм мæсты кодтон, фæлæ уыдон ницæмæ дардтой мæ мæстытæ. Нæ мын суагътой мæ рохтæ мæхи бар æмæ сæ абон бузныг дæн. Цæмæйзон, кæйонг ахæццæ уыда- ин, мæ хивæнд зæрдæйы коммæ кæсын мæ куы бауагъ- таиккой йæ рæстæджы, уæд. Æмæ ныр та уыцы рохтыл хæцын мæ рад у. Афтæ ма ахъуыды кæн, зæгъгæ, мæнæ зæронд у. Иу чысыл атæлфдзæн, стæй мæ мæхи адыл , ныууадздзæн æмæ кæндзынæн, куыд мæ фæнда, афтæ. Мæкуы ахъуыды кæн, нырма мæм уыйбæрц тых ис... Афтæ ныхасгæнгæ бахæццæ сты суадонмæ. Цуца йын йæ ныхæстæ рагæй нал хъуыста. Сылгоймæгтæ йæм къордтæй лæугæйæ куы разындысты, уæд йæ уæнгтæ цыдæр æхцон рызт скодтой. Ныр ыл фæйнæрдыгæй куыд тыгуыртæ кæндзысты, уый уад йæ цæстытыл æмæ тыхст’ рагацау... Фæлæ дзы ахæмæй ницы разынд. Донмæ куы баввахс сты, уæд ын Саучызг йæ афтид къух райста, мæ- нæ сывæллоны къух куыд райсынц, афтæ æмæ устыты ’хсæнты цыхцыры цурмæ куы бараст сты, уæд дзы чидæр афтæ бакодта: — Саучызг йæ сæныччыдон нуазынмæ æрбакодта,— сылгоймæгтæ æмхуызонæй тыиг ныххудтысты æмæ ууыл, фæцис сæ узæлд дæр, сæ цин дæр æмæ сæ худт дæр. Фæ- лæ сæ Саучызг ууыл нæ ныууагъта.- Йæхи фесхъæл код- та. Цуцайы къух уæддæр не ’суагъта, афтæмæй сæм уый дæр йе уæхсчы сæрты адзырдта: — Уæ ахсджиагдæрты мæрдтæн фергæвдут сæныччы- тæ нæ, фæлæ галтæ æмæ дыгæрдгуытæ. Сымах’чындзы- ты хуызæн хæтаг сылтæн-иу Дзылытæ сæ дзидзитæ ард- уанæй сыгътой, куыйтæ, сымах та сыл ноджы пырпыр фæ- кæнут æмæ, искæй чындзытæ дæр сымахуæтты æмдзæх- тон куы суаиккой, уый уæ фæнды. Ницы.уын дзы рауай-, дзæнис, — ацы ныхæстæгæнгæйæ, къахæй скъуырдта, цых- цырмæ æвæрд цы ведра уыд, у^ш. Ведра атылд æмæ йын йæ бынаты Цуцайы ведра авæрдта. Цуца тынг старст, Ныр уыцы ведрайы хицау хыл кæй сызмæнтдзæн, уый зоны, фæлæ цавæр хыл уыдзæн? Сылгоймæгтæ æрмæст æлгъыстытæй кæй фæхыл кæнынц, уый зоны, фæлæ дзЫ бирæтæ се ’фхæрæгæн йæ дзыккутæм кæй бавналыни, уый дæр федта кæддæрты æмæ йæ ныр, мыййаг, иргые- вын, кæнæ Саучызджы’ сæрыл рахæцын куы бахъæуа» Уæд йæхи куыд дардзæн? Спайда кæна йæ фæлтæрддзй;- надæй æви мацы сдзура, ууыл ахъуыды кодта æвиппайд^ æмæ аивæй йæ хъус адардта сылгоймæгтæм, фæлæ уЫ- 144
донæй хылы æнгас никæмæн уыд. Йæ бынатæй дæр дзы ’ничи фезмæлыд, æрмæст дзы чидæр афтæ бакодта: — Ацы хъуг зæрондæй дæр куыд нæ ныууагъта йæ хивæнд митæ, куыд нæ ферох кодта йæ зæвæт кæнын. Кæсыс, афæлдæхта та йæ дуцæджы æхсыры ведра. — Ады ныхæстыл дæр та устытæ ныххудтысты æмæ Цуца тынг стыхст. Искуы ма куы аирвæзид ардыгæй. Куы ма аирвæзид ацы хæццæ уавæрæй, æндæр æй ницыуал хъæ- уы. Дойныйæ куы мæла, уæддæр никуыуал рацæудзæн ардæм. Фæлтау-иу æрдæгæхсæв сыстдзæн, æмæ’дзы куыд ничи уа, афтæмæй-иу æрбахæсдзæн. Æмæ сæ донгæрзтæ афтæ тагъд кæй айдзаг сты, стæй Саучызг уыцы хъуджы кæйттæм кæй ницыуал сдзырдта, уый йын æхсызгон уыд. Æнхъæлдта, зæгъгæ, ныр уыйадыл ацæудзыстæм. Кæрæдзнмæ дзы ничиуал ницы сдзурдзæн, фæлæ Сау- чызг, искæм.æн хæс чи ныууадза, ахæмтæй нæ разынд. Сылгоймæгты къордты ’хсæпæй куы рахызтысты, уæд ма сæм фæстæмæ адзырдта: — Æвæццæгæн уын уæ куырты бардызтæуыд, науæд куырмæ цæуынмæ суадоны цурмæ цæмæн æрбахаудтат æцæг хъуццытау? — Деттæ дон дарынмæ кæй ракодтай, уыцы сæныччы хатыр дын фæуæд ацы хатт. Дзæбæх сæныччы хуызæн зыны æмæ дын ацы хатт уый хатыр фæуæд, науæд та дын дæ къæдз синтыл Госæ йæ арм бæргæ æруагътаид, — радзырдта ма йæм дзы чидæр æмæ Саучызг æцæг ратын- дзырдта. Цыма ыæмынæй фæтарст, уыйау ратындзыдта Цуцайы фæдыл... Уæдæй фæстæмæ’ Цуца æцæг никуыуал ацыд допмæ. Цæугæ та куыд иæ, фæлæ кæнæ бонрæфты, адæм сæ тæк- кæ куыстытыл куы уыдысты æмæ дон хæссынмæ куы ни- кæй æвдæлд, ахæм рæстæджы, науæд та æхсæвыгон... Æмæ йын ныр æхсызгон уыдис. Чындзæхсæвмæ йæ кæй кæны Газан, уый йын æхсызгон уыд. Ныр дзæбæх базонгæ уыдзæн чызджытæ æмæ йе ’мкарæн чындзыти- мæ. Уæддæр æм Саучызджы тыххæй кæй ракастысты ахæм цæстæй, уый хатыд æмæ се ’хсæнмæ рацæуынæй уыйбæрц нæ тарст. Ныр ыл кæй баузæлдзысты, уый æн- къардта, æрмæст-иу йæхинымæры афтæ бакодта: «Мый- йаг та уыцы зæронд дæр немæ йæхи куы фæцæуæг кæна, уæд та ницы рауайдзæн мæ бæллицæй». Æмæ, æцæг, ни- Ды рауад йæ бæллицæй. Цæмæй тарст, уымæй ноджы æв- зæрдæр рауад йæ хъуыддаг. Хуын сцæттæ. Æрбацыд Газан дæр. Фыццаг бакаст Ю. Къæбысты 3. 145
стъолмæ. Йæ зæрдæ барухс ис хуынæй æмæ Цуцайы нге| хъæбысы æрбакодта. Йæ ныхæн ын фæлмæн, адджын’; пъа акодта, стæй йын йæ цæстытæм комкоммæ ныккаст^ Каст ын йæ цæстытæм уарзæгой цæстæй. Цыма сæм кæ-Д сынæй куынæ бафсæда, уымæй тарст, йхæм зыд кастД сæм кодта æмæ дзырдта ныллæг хъæлæсæй: :4 — Цымæ дæуыл куы фембæлдтæн, уыцы бонæй амонд- •; джындæр бон ма мæ царды искуы уыдзæн, Цуца? }> — Дæхи æгæр раджы ма хон амондджын, Газаи, —'| уый дæр ыи йæ цæнгтæ йæ астæуыл æрбатыхта æмæ/ йын кæсы йæ цæстытæм. — Иырма дып ахæмæй ницы са- ’’ рæзтон, æмæ дæхи уадиссаг амондджын хонай. ч — Мæнæ мæ хæдзарæй абон фыццаг хатт хæдзары номыл, хæдзарыл куыд æмбæлы, ахæм хуызы кæй ацæу-" дзынæп нæ хъæубæсты астæумæ, уымæй стырдæр амоид \ мæн нæ хъæуы, Цуца. Адæймаг йæхæдæг зæд, бардуаг |; куы феста, уæддæр адæмы ’хсæн, адæмы рæгъы куынае . цæуа, уæд никæй хъæуынц йæ зæддзинад дæр æмæ йæ • бардуагдзинад дæр. Лæг адæймаг фæхуыйны адæмы 'I ’хсæн. Иунæгæй хъæды халон дæр нæ цæры. Куы бацæ- ’ уай адæмы ’хсæн, уæд та дæ уаг, де ’гъдау, дæ бацыд, дæ ’ рацыд хъуамæ уа адæмы уагыл. Гъе, уый мидæг ис амонд’' дæр æмæ æнамонддзинад дæр. Хъæддаг лæгау адæмнмæ- куыпæ хæццæ кæнай, уæд уымæй æпамопддзинаддæр уды * ис зæххыл?.. Æз та мæ цард цардыл фæнымайын æр- * мæстдæр адæмы ’хсæп. Æмæ нырмæ дæр цыдтæн. Мæ удыл никуы ницæмæй бацауæрстон. Фæдæ уæддæр мæ абоны ацыд уыдзæн бынтон æидæр. Мæхимæ хæддзу уа- / зæджы хуызæн нал зындзынæн. Ныр адæмы ’хсæн нымад '• дæн хæдзарыл æмæ се ’хсæнмæ дæр хъуамæ хæдзарьг ’ номыл, хæдззры уагæй цæуои. Æмæ уый та дæу фæрцы у, Цуца. Дæу фæрцы у æмæ дæ стыр бузныг дæн. Дæ лæг- гад дын æз дæр фиддзынæн. Æппын кæд ницы, уæддæр - дын æй дзыхы ныхас æмæ армы узæлдæй уæддæр фид- ’ дзынæп. Гъе, уымæн хопын мæ царды иууыл амондджын- дæр бон, дæуыл куы фембæлдтæн, уыцы бон. Ахæм ботг мæ царды фыццаг хатт уыд, фæлæ ма дзы æндæр уыдзæи > æви нæ, уый нæ зонын. Æниу мæ фæыдгæ тынг кæны, —-,; ам йæ цæстæнгасыл цыдæр æфсæрмгъуыз фæзынд æма? ( Цуцайæн йæ зæрдæ цыдæр æхцон къæпп фæкодта. Пге ^ зæрдæмæ пыи уыцы æфсæрмгъуыз цæстæнгас цыдæр æх-'_# цон пыхылд фæкод^а æмæ ьæ барæй афарста. — Цы дæ фæнды, Газан? — Иу ахæм амопдджыи боы ма уæддæр куы уаид мæ 146 I
царды, уый мæ фæнды, — ноджы тынгдæр фефсæрмы- гъуыз ис йæ цæсгом æмæ йæ Цуца бамбæрста. Кæддæр- ты цыдæр ныхæстæ сæппæрста ницы-мацæмæйты æмæ пæ æмбары Цуца, фæлæ та йæ барæй æндæргъуызон фарст акодта: — Иу мæн хуызæн чызгыл ма куы фембæлис, ахæм бонмæ бæллыс, Газан? ^ — Ацу, æвзæр цыдæр, — барæй йæ йæхицæй схойæгау акодта, стæй та йæ ногæй ныхъхъæбыс кодта. Ныр æй тынгдæр нылхъывта йæ риумæ æмæ йын йæ хъусы сусæ- гæй дзуры: — Лæппу мын куы ныййарис, уыцы бонмæ бæллын, Цуца... Нæ мыггаг æгæр сфæлахс ис. Нæ уæзæг уæзæг- уат куы суа, уымæй тæрсын æмæ мын иу лæппу куы пыййарис, уый мæ фæнды... — Уыдзæн! — къæйных дзуапп радта Цуца. Йæ зæр- дæ хъæлдзæг уыд. Иæ мойы зæрдæ дзы афтæ рухс кæй у, уый тыххæй дæр у хъæлдзæг æмæ чындзæхсæвмæ кæй цæуы, уый тыххæй дæр æмæ уымæн радта ахæм къæй- ных дзуапп. — Ацы уæзæгæн æз лæппу цалынмæ балæ- вар кæнон, уæдмæ мын амæлæн нæй. Мæ дзырд куынæ сæххæст кæнон, уæд та мын мадæр мæлыны хъомыс уæд, мадæр цæрыны хъомыс. Уæлæуыл сауджыджыдайæ куыд фæхитон, ахæм æлгъыст мæ ракæнæд Мады Май- рæм, мæ номыл ацы уæзæгыл лæппу куы нæ^ слæг уа, уад. — Гъе, æмæ ноджыдæр стыр бузныг, Цуца, — иу хатт ма йæ тынг нылхъывта йæ риумæ, стæй йæ суагъта: — Ацæттæ кæнæм ныр нæхи æмæ цæуæм, науæд худинаг у. Хæрыны афон сæм’алчи дæр бацæудзæи. Истæмæты сæм ^ъуамæ фæкæсæм. Фæлæ дыууæ амондджын уды, дыууæ уарзæгой уды кæрæдзийæ æххæст нæма ахицæн сты, афтæ уыцы æнæ- сыбырттæй къæсæрыл æрбалæууыд Саучызг. Æрбалæу- уыд æмæ сæм цыма халон æрбауасыд, афтæ фесты сæ дыууæ дæр. Иу.дзæвгар сæ змæлынхъом дæр ничиуал уыд. Лæууыдысты уыцы сæццæйæ. Æмæ сын сæ уавæр уыдта зæронд. Уыдта йæ æмæ йæ зæрдæ рад, йæ иу феп- Дæй дæр афтæ кæй аидзыг сты, уый тыххæй. Уый дæр сьщ фаг бæргæ уыд, фæлæ сæ ууыл нæ ныууагъта. Худын- ^фсон уыцы фæсус хъæлæсæй бахиу-хиу кодта æмæ аф- тæ зæгъы: — Кæрæдзи та стæрдтат, нæ? Уæныг æмæ дыгæрдыг Кл?рæдзп куьтд фестæрынц, афтæ кæрæдзи стæрдтат, иæ^- 147
— Æрыгæтты хъуыддæгтæм-иу ма ’внал, гыццй (Та- зан дæр æмæ Хуыга дæр афтæ хуыдтой Саучызджы)^ зæронд ус хъуамæ йæ бынат зона. >! — Æрыгæтты хъуыддагтæм? — зулмæ йæм бакаст! ус. —Æмæ сæм, уæдæ мæ бæсты чи æвналдзæн? Ацы уæ- зæг мын æрыгонæй дæр æмæ зæрондæй дæр мæ бæрны куы ныууагътой, уæд ын йæ хъуыддæгтæм мæ бæсты чи æвналдзæн? Ды æмæ уæртæ ме ’взæр лæппу? Науæд, чи- зоны, мæнæ дæ гыкъына? И? — Махæй афтæ æнахъом ничиуал у æмæ нын царды: фæндæгтыл цæугæйæ чидæр, сывæллопау, нæ къухыл< хæца... — Уыдæттæ мын ма дзур, — йæ къух ауыгъта зæ- ронд. — Дзылыты уæзæгыл ахæм ныхæстæ нæ фидауынц < æмæ сæ ма дзур, — ноджы ма иу хатт йæ къух ауыгъта æмæ стъолырдæм фæзылд. Хуын куы ауыдта, уæд ныд- дио кодта: — уый та уæм цавæр хуын ис? Исчи уæм хуын, æрхаста æви исты бæрæгбон кæнут? — Чындзæхсæвмæ цæуæм,— цыбыр дзуапп ын радта Газан. — Æмæ кæм ис чындзæхсæв? — Уæртæ фалæсыхы Дзаджетæм. Иæ лæппуйæн ус кæны. — О, уырдыгæй Хуыгамæ дæр уыд хонæг, — ноджы та йæ къух ауыгъта ус. — Æмæ цы ми кæны, нæ цæуы? — Кæдæм? — ахæм дисгъуызæй йæ афарста, цыма нырма гъеныр æрбахызт æмæ, цæуыл дзырдтой, уымæн - ницы зоны. — Чындзæхсæвмæ. — Æмæ ды æцæг цæуыс уыцы чындзæхсæвмæ? — но- джы йæ дисдæргъуызæй афарста. — Куыд нæ цæуын? Мæ хæлар ус кæны æмæ йæм куыд нæ хъуамæ бацæуон? — Гъе, уæу-уæй-гъе! — тынг ныуунæргъыдта. — Дзылыты фæсивæд ахæм ницæйæгтæй сæхицæн хæлæрт- , тæ кæнынмæ куы ’рхаудысты, сæ уæзæг уæзæгуат дæр уæдæй фæстæмæ фæцис... Намæ цæуыс æмæ ма нæлгой- маг хуын кæд хаста? — Цæмæн нæлгоймаг? Ныр афтид нæлгоймаг нал дæн. Иыр хæдзарыл нымад дæн æмæ хæдзары уагæй хъуамæ ацæуон. — Уый та ма цавæр хæдзары уагæй у? — йæ цæстытæ йæм уыцы цæхгæр фæцарæзта^. 148
— Æмкъæйттæ кæм уа, уый хæдзар хуыйны æмæ йæ алы æгъдау дæр хъуамæ хæдзары уагыл уа. — Уæдæ, чындзы дæр чындзæхсæвмæ дæ зæрды кæ- нын ис? — Ныр ахъæуккагыл нымад у æмæ хъуамæ цæра хъæ- уимæ. Хъуамæ хъæуы æппæт хъуыддæгты дæр хайад иса. Зæронд усæн цыма исчи йæ сæр æркъуырдта, уыйау йæ мидбынаты иу зылд æркодта, стæй бандоныл æрхауд. Иу дзæвгар афтæ æгуыппæгæй фæбадт, стæй нынниудта. Мæнæ бирæгъ куыд ниуы, афтæ нынниудта æмæ ныхъ- хъарæгкодта: — Æй, Дзылыты гуыппырсар фæсивæд, уæ ингæнты къултæ куыд нæ атонут æмæ куыд нæ ракæсут, мæнæ уæ уæзæгыл цытæ цæуы, уыдонмæ. Мæнæ уæ нæуæг чындз, уæ уæзæгыл нырма билцъ дæр чи нæ рауагъта, уыцы нæуæг чындз фалæсыхмæ кæд цæуы чындзæхсæвмæ! Сы- мах-иу уæ сæрмæ сæ кой скæнын дæр кæмæн нæ хастат,' уыцы сыхмæ кæд цæуы чындзæхсæвмæ. Стыр хуынимæ хъуамæ йæ лæджы фæстæ араст уа байрагау æмæ фалæ- сыхы Дзаджеты къæсæрыл балæууа уæ нæуæг чындз. Æмæ ма стæй уый фæстæ уæ уаз уæзæгыл фæцæрыны аккаг у уыцы чындз?.. Уыцы сылы ма стæй ацы уæзæг- ыл фæдарынмæ хъавыс? — Ныр та Газаимæ фездæхт. — Ой, цы ’рцыдис? — ныууырдыг æм ис Газан дæр. — Мæ цахъхъæнтæй ус кæмæн ис, уыдон хъæуы мидæг чын- дзæхсæвмæ дæр æмæ æндæр бæрæгбонтæм дæр иумæ фæцæуынц. Мах дзы кæмæй фыддæр-стæм? — Æмæ уыдонæй исчи Дзылыты мыггаг хæссы, хъуы- мызбыл?! Хæссы дзы исчи Дзылыты мыггаг? — хæрдмæ йæм хъæр кæны. — Фыддæры кой ма кæн, ма. Мах ис- кæмæй фыддæр куы уаиккам, кæнæ дзы исчи дæ мыгга- джы æмсæр куы уаид, уæд ма æз цæуыл мæ сæр нæмын? Дæ фыд, йе ’фсымæртæ æмæ йæ дыккаг хæдзæртты æз æйтт-мардзæ уæзæгæй æрæййæфтон. Сæ цыд, сæ бадт„ сæ чындзæхсæв никæимæ хæццæ кодта... — Иæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис, — хъæрзæгау сдзырдта Газан. — Уый мидæг ис йæ мардæрцыд, æмæ адæмимæ кæй нæ хæццæ кодтой, сæ алы хъуыддаг дæр адæмæй иппæрдæй кæй арæзтой, хъæубæсты æмдзæхтон кæй никуы систы. Чизоны, афтæ куы нæ уыдаиккой, уæд ма дзы исчитæ сæ уæзæгыл æрхæцыдаиккой æмæ иугай нæ ныууыдаиккой. Ныр мах дæр нæхи сиртасæм адæ- мæй? Æмæ ма уæд цæргæ та кæимæ кæнæм? — Ууыл уæ раздæр ахъуыды кæнын хъуыд дæу дæр 149
æмæ мæ лæппуйы дæр. Æниу, дæу дæр æз куы схъомыл кодтон. Ды дæр мæ лæппу дæ æмæ уын æз рагæй дзырд- тон уыцы хъуыддаг. Афонмæ бинонты кой куы бакодта- иккат, уæд уын сывæллæттæ уаид. Нæ куыстхъомтæ дæр фылдæр уаиккой. Сывæллæттæ та сты уæзæджы фарн. Сывæллон кæм нæ уа, уымæн уæзæг схонæн нæй. Æмæ уыцы хъуыддагыл та сымах раздæр хъуыд ахъуыды, асагъæс кæнын. Кæсут иннæ сыхты, иннæ уæзгуыты лæп- путæм? Сымах йæ гуырд кæмæн зонут, уыдонæй бирæ- тæн дыгай, æртыгай сывæллæттæ ис. Ис сын, уымæн æмæ сæ уæзгуыты мæт кæнынц. Сымах сын лæггад кæнут. Цæут сæ чындзæхсæвтæм. Стырдæр хуынтæ сæм хæссут æмæ уын уæ бæрзæйтыл сбадой, сæ сывæллæттæн уæ авдæнгæстæ скæной: Пуй, æнæрæгъыдзыдтæ! — фестад æмæ йæ лæдзæджы бырынкъæй астæрд хойгæ ацыд. Га- зан æнхъæлдта, зæгъгæ, дзы ныр фервæздзынæн æмæ бынуæзæй сцæйулæфыд, фæлæ йын дзы ницы рауад. Саучызг къæсæргæрон фæлæууыд. Зилгæ нал ракодта, фæлæ пæ уæхсчы сæрты æрба,дзырдта: — Ды,/цы дæ фæнды, уый кæн. А, Дзылытæй кæй дæ, уымæн нал аргъ кæныс, фæлæ кæд дæ нæлгоймагдзинад дæр ницæмæуал дарыс, нал ын кад кæныс, уæд ахæсс дæ хуын дæр. Ахæсс æй дæхæдæг, фæлæ чыпдз йæ къах дæр куы авæра, • уæд, мæхæдæг зонын. Бацæудзынæн уыцы чындзæхсæвмæ æмæ уæ уым мæхæдæг ныххудинаг кæндзынæн. — Афтæ ма загъта æмæ ахызт къæсæрæй. Уый ахызт, фæлæ Газанæн æвиппайдæй йæ маст афтæ рафыхт, афтæ, æмæ йæ цон- джы фыдтæм дæндагæй фæлæбурдта. Фæлæбурдта сæм æмæ стæй, йæ хурхы кард кæмæн ныссадзынц, ахæм га- лы богъ нылласта. Ныббогъ кодта æмæ сынтæджы дæл- гоммæ ахауд. Цуца уæдмæ мидæггаг уаты уыд. Хъуыд- даг уыйонг æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыд æмæ йæхи сындæггай цæттæ кодта. Æмæ дын ацы богъ хæдзары къултæ куы нырризын кодта, уæд сæнт гæпп ракодта. Газаны раз йæ уæрджытыл æрхауд. Иæ сæрмæ йын фæ- лæбурдта. Йæ рустæ уыдысты уымæл æмæ уазалдзæф. Уымæй ноджы йæ зæрдæ фæцæйхъарм кодта, фæлæ йæ- хиуыл фæхæцыд. Йæхи фæфидар кодта. Лæджы цæсгом йæхирдæм фæзылдта. Йæ рустæ йыц æууæрды æмæ йæм дзуры тарст хъæлæсæй: — Газаи, æрсабыр у, дæ низтæ. Æрсабыр у. Мæ ар- ты^п мын дон ма ауадз, дæ низтæ. — Уый йæ цæстытæй ра- каст. Ракаст, фæлæ сæ уынгæ ницы кодта. Уарыны æр- тæхтæй чи ныххуылыдз вæййы, ахæм æвгты хуызæн ын 150
уыдысты æмæ сæ ницы уыдта. Цуца сусæгæй куыдта, афтæмæй йын сæ сæрфта йæ кæлмæрзæны кæронæй. Иæ рустæ ма йын ноджы иу хатт сæууæрста, стæй фестад. Хъæдын къусы йын уазал дон радавта: — Аназ дзы æмæ де ’муд æрцæуай. — Газан рабадт. Анызта дон æмæ йын æцæг фенцондæр ис. — Мæлын дæр ын не ’нтысы ацы сау халонæн, — йæ- хииыæ дзурæгау уыцы ныллæг хъæлæсæй дзырдта Га- злн. — Царм æмæ дзы стджыты йеттæмæ ницыуал ис. Йæ риуы ма зæрдæ ис, уд ма ис йæ мидæг, уый бæрæг дæр ын нæй, уæддæр нæ мæлы. Нæдæр амæлдзэён, æвæццæ- гæн. Цы мадзы хъуамæ амæла? Æмæ нæ бахордта. Ацы дыууæ ’дзъшгайы ма стæм æгас мыггагай, æгас уæзæгæй æмæ нæ бахордта. Бадомдта нæ. Кæддæр адæмы ’хсæн- мæ аирвæзыны тыххæй йæхиуыл цытæ æрцыд, уыдон дзы ферох сты. Йæхицæн ын йе ’взонгдзинады тæлтæг мопц тыхлæмæрст ныккодтой æгас бинонтæй. Ницы йып баптыст æмæ ныр уыдонæй йæхæдæг фыддæр фæцис Йæхи æвзонгдзинад ын йæ буарæй тыхцъырд чи ракод- та, уыдонæй фыддæр фæцис æмæ, йæ къухы чи æфты, уыдонæн сæ удтæ æлвасы сæ хъуыртæй. Йæхицæн цы нæ бантыст, уый искæмæн дæр ма хъуамæ бантыса. Ахæм фыд-зонд ныссагъдис йæ зæрдæйы æмæ дзы уынгæджы стæм’. Æмæ афтæ æнхъæлыс, йæ ныхас нæ сæххæст кæи- дзæи? — баздæхт Цуцайырдæм. — Мæ хур акæн! Зæгъ- гæ, ныр ацыдыстæм, уæд нæ фæстæ бамидæг уыдзæн æмæ æнæхъæн хъæуы æттæг-мидаг ауайын кæндзæн. Зо- ны йæ, чындзæхсæвы пæм адæмы хатырæй нич*; сдзур- дзæн, науæд нæ бауæндид. Кæддæрты йæ йæхи цахъхъæн, кæнæ йæхицæй кæсдæр устытæ рацæфтæ кодтой æмæ сæм хибар рæтты ницыуал дзурын уæнды, фæлæ уырдæм бацæудзæн. Уым æм армæй ничи февналдзæн, æлгъи- тынмæ та йæхицæй дæсныдæр ничи у æмæ уый тыххæй ницæмæй тæрсы. — Цæй, цы гæнæн ис, — йæхи бакъултæ кодта Цу- ца.—Æз лæудзынæн, фæлæ ды ацу. Хуын дæр ахæсс. Уый ницы худинаг у. Мæнæй уый дæр, зæгъ, хъуамæ ра- цыдаид, фаелæ, зæгъ, æвиппайды йæ сæр срыст. Исты æфсон-иу скæн. — Æмæ ма ахæм зæрдæйы уагимæ куыд ацæуон? — бахъынцъым кодта Газан. — Науæд мып ничи зæгъдзæн, ай дæр та Дзылыты зæронд кæрц скодта, зæгъгæ? Ме ^рдхорд мæ фæдзæхсгæ бакодта, иунæгæй, дам, куы ’рбацæуай, уæд, дам, дæ фынгæй арвитдзынæн. 151
— Цæй, ницы кæны. Исты æфсон-иу скæн, стæн сæт^ фæстæдæр дзæбæх хуынимæ бацæудзыстæм... Газаны йæ зæрдæ нал хаста, фæлæ йæ Цуца нæ ныу- уа^гъта. Адæмы æхсæн йæ зæрдæйы маст æнцондæрæй> кæй айсæфдзæн, уый зыдта æмæ йæ-нæ^ ныууагъта. Суанг’ æй кæрты дуарæй рахизын кодта æмæ... Саучызг, æм-, бондгæрон цы бадæн ис, ууыл бадт æмæ йæ фындзы бын, цыдæртæ хъуыр-хъуыр кодта. Заргæ кодта, æви’хъарæг,. уый зын рахатæн уыдис, фæлæ йæ цæсгомыл хъарæггæ-. нæджы уæззау æнгас нæ зынд. Цыдæр райдзаст ын уыд. Цыма цæмæйдæр йæхицæй разы уыд, ахæм хуыз æвдыс- та йæ цæсгом. Газан ыл йæ цæсты зул куы скъуырдта, уæд æм нал бакаст. Мыййаг та йæм исты куы сдзура æмæ йæм куы нæ фæлæууа, уымæй тарст æмæ атындзыдта. Цуца ма иудзæвгар йæ фæдыл фæкаст , стæй раздæхт. Хъуамæ кæртмæ бахызтаид, фæлæ йыи Саучызг йæ лæ- дзæг йæ размæ цæхгæрмæ бадардта. Цуца йæ фалæтьг азылд æмæ уый зæрондмæ ноджы тынгдæр хъыг фæкаст.. — Мæ лæдзæджы сæрты чи хизы,. уый мын мæхи. сæрты хизы æмæ дын уый чердæм чындзы æгъдау у? Æви ды мæнæй раздæр æрцыдтæ ацы уæзæгмæ æмæ мæцыл æмбæлы дæуæн цыт кæнын? — Нæ мæ æвдæлы дзæгъæлы бадынмæ, — фæцæй та къа,хдзæф кодта, фæлæ йæ Саучызджы æнахъинон худт- фæурæдта. — Нæ йæ æвдæлы, — йæ мæсты худт ныууромгæйæ, ралæмæрста ус. — Рохаты хъал чызджы Дзылыты уæ- зæгмæ йæхи къахæй чындзы номыл æрбафсæрынмæ æв- дæлд, фæлæ ма уыцы уæзæг уæзæг кæй фæрцы хуыйньг, йæуæзæгдзинад ын йæ цæстыты гагуытау чи хъахъхъæны,. уыцы зæронды цур абада æмæ йын йæ уынаффæтæм бай- хъуса, иу чысыл дзы зонд райса, уымæ йæ нал æвдæльк Ацу уæдæ, æмæ дзы цы фæфос кæиай, уыдои-иу дæ зæ- ронд хæлæртты хистытæн аргæвд. — Мæ зæрæтты кой ма кæн. Уыдон никæй дзыхы ра- давинаг сты, — мæсты уайдзæф æм баппæрста уый дæр.«, — Æмæ, уæдæ, æз искæй дзыхы радавинаг фæдæн,: и? — фестад æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыд. — Ам мæ ; цуры сбад. Иугæр мæ уæзæгмæ æрбацыдтæ, уæд нырма ;, æз дæн ам хицау æмæ мæнмæ хъус. Дæ лæг мæм нæ хъу~ сы æмæ фендзæн, æндæра дзы Тыны хъæуы фæсивæд сæ- хицæн къæхтæ сæрфæн æмæ авдæн узæг куыд скæной. Цуцайы нæ фæндыд уыцы зæронды цур бадын æмæ* . йын йæ дзæнгæдамæ хъусын, фæлæ^ йæ^ кæй нæ ныууадз- 152
дзæн, уый фæхатыдта æмæ æрбадт. Дæрддзæф æм æр- бадт. — Афтæ, гъе, мæ чызг, — хæстæг æм бабадт æмæ йын йæ хус арм йæ уæрагыл æрæвæрдта. Æрæвæрдта йыл æй уыцы сындæг æмæ дзы кæд уæзы мур нæ уыд, уыцы хус арм кæд бамбулийæ фылдæр уæз нæ кодта, уæддæр Цу- цайы уæрагæн афтæ уæззау уыд æмæ йын йæ уæраджы нуæрттæ, йæ зæнджы хæцъæфтæ фæцæй скъуыдта. Æмæ куыд знæт тæлфт скодта, уый ус бамбæрста. Фæхатыдта йæ, фæлæ йæ ницæмæ æрдардта. Ноджы йæм фыдæнæн- гæнæгау хæстæгдæр бабадт æмæ ма йыл йæ уæхскæй дæр банцой кодта. — Иу æфсондзы ифтыгъд стæм, мæ чызг, — дзуры Саучызг уыцы фæлмæн хъæлæсæй. Абондæргъы цы хъæлæсæй дзырдта, уый йын цыма курæггаг уыд æмæ ныр йæхи хъæлæсæй райдыдта дзурын, афтæ фæкаст Цуцамæ æмæ йыл дис бафтыд. Исдуг афтае дæр ахъуыды кодта, цыма нырмæ загъд чи кодта, уый Саучызг нæ уыд, фæлæ уый хуызы æидæр чидæр бацыд. Æмæ. йæм йæ зæрдæ цыдæргъуызон фæтæнæг ис. Йæ хус арм дæр ын цыма, йæ уæрагыл нал уæз кодта, афтæ йæм фæзынд æмæ йæм зæрдиагæй бапхъуыста. — Иу дзоныгъыл ифтыгъд стæм ныр æз æмæ ды. Нæ дзоныгъ кæд æгæр сафтид ис, уæддæр нын æй æнæласгæ нæй. Æз базæронд дæн. Тыхæй дын бирæ ницыуал аххуыс кæндзыпæн. Стæй уы- цы дзоныгъмæ мæнæй хаугæ дæр ницыуал бакæндзæн. Дæумæ кæсы йæ байдзаг кæнын, æмæ мæнмæ куынæ хъусай, уæд фæрæдидзынæ. Нæлгоймæгтæ мах цардæн,, мах хъуыддæгтæн бирæ ницы æмбарынц. Афтæ æнхъæ- лыс, мæн никуы фæндыд чындзæхсæвтæ æмæ æндæр бæ- рæгбонтæм цæуын? Фæндыд мæ, фæлæ сылгоймаг иу- гæр æфсондзы ифтыгъд куы æрцæуа, уæд ын уæгъдидо- нæй ацæуæнтæ нал вæййы. Ибон суадоны цур кастæ? Фёдтай, цыхуызæн цæстæй дæм ракастысты, куыд дыя: пыррыччытæ кодтой, уый? Æмæ уæд ницы уыд. Æз демæ уыдтæн.*. Зыдтон æй, æмæ демæ цæугæ дæр уый. тыххæй акодтон, науæд мæн дон æппындæр нæ хъуыд. Æз демæ куынæ-уыдаин, уæд дæ уым схынджылæг код- таиккой, афтæ дæ схынджылæг кодтаиккой æмæ дæ дæ^ цæрæнбонтæ дæр ферох уыдаиккой. Æмæ сæм ныр ды та чындзæхсæвмæ дæ гæрзтæ рабастай. Куы дын загътон, нæлгоймæгтæ ахæмтæм сæ хъус нæ дарынц. Цалынмæ хъуыддаг къуырццмæ æрцæуы, уæдмæ ницы фæхатынц, стæй иугæр адæймаджы адæмы фыдæвзаг æмæ фыд-зонд Дъыссыммæ куы баскъæрынц, уæд йæ мойæн дæр фæ- 153;
вæййы хъуыддагмæ æркæсыны рæстæг æмæ, рæстдзииа’д равзарыны бæсты йæ бинойнагмæ знаджы цæстæй ра- кæсы. Афтæ у, мæ чызг. Ам дыл цы ’рцыдаид, уый æз зонын. Рагæйдæр нæ мыггагмæ знаджы цæстæй кæсынц, сæ кæсæнтæ рахауой, æмæ сæ бон кæм ба- вæййы, уым ныл фыдаудæнæй нæ ауæрдынц. Дæуæн дæр нæ фæтæригъæд кодтаиккой. Карк нæ, фæлæ сæм галы мард куы бахастаис хуынæн, уæддæр дын нæ фæтæригъæд кодтаиккой. Сæ мæлинæгтæй дæ искæимæ барæй ракафын кодтаиккой. Уый дын кафгæ-кафын йæ уæлдзарм худ дæ астæуыл æрбайстаид, цæмæй дыл атыхса æмæ адæм феной, куыд дыл атыхст, уый. Стæй дын уыцы мæлинаджы дæ хæзгул рахуыдтаиккоп æмæ уый фæ’стæ дæ фæдыл бафтыдтаиккой, иууыл фыд- æвзагдæр æмæ налатдæр чи у, ахæм сылгоймæгтæ. Ах, куыд дын сæнад кодтаиккой дæ цард! Æмæ уыдæттæ ницæмæ дзды дæ хорз лæг. Никуыма йыл дзы ницы аны- дзæвд æмæ сæ ницæмæ дары, фæлæ йæ хъустыл истытæ куы æруадаид æмæ дын абон пъатæ æмæ хъæбыстæ чи кодта, уыцы уарзæгой лæджы цалдæр боны фæстæ дæу уистæ æмæ лæдзджытæй нæмын куы бахъуыдаид бынтон æнæазымæй, уæд æй базыдтаид, фæлæ æз ам уымæп хус кæнын, ацы уæзæгыл уымæн хус кæнын, ацы уæзæгыл уымæн баруадтæн, цæмæй хъуыддаг уыйонг ;ма æруа- дзон. Ацы ныхæстæм Цуцайæн йæ сæры хъуын барц сбадт. Йæ цæстытыл ауад, цыма йæ Газан нæмы уисæй. Нæмы йæ æгъатыр надæй. Уымæн йæ уæнгтæ фырлæбурын мон- дагæй цъæх арт уадзынц, фæлæ цыдæр азым хаты йæхи- мæ æмæ йæм йæ бон февналын нæу. Ахæм æгъатыр ныв ауад йæ цæстытыл æмæ йæ буар æгасæй дæр срызт. Ныр йæхæдæг хæстæг бабадт Саучызгмæ, цыма дзы исты æх- хуыс домдта... Æмæ зæронд бамбæрста. Йæ амæтта- джы зæрдæмæ чысыл кæй фæныхылдта æмæ уыцы ны- хылд йæ бынаты кæп фæцис, уый æмæ йæ зæронд кал- цæг зæрдæ фырцинæй йæхи риуы хъæбæр къултыл ных- хоста. Ныр уал ын фаг кæй у, уый базыдта æмæ уал æй ныууагъта. — Ацу ныр, мæ чызг, æмæ дæ хæдзары мнтæ бакæн. .Дæ лæгмæ дæ хъус дар. Мыййат, нозтджынæй куы ’рба- цæуа, уæд-иу æм тызмæг мацы сдзур. Фыдадæм сты. Уæл- даидæр та, нозтджынæй нæ уарзынц фæстæмæ дзурын .æмæ дын цы дзура, уый араз æнæуæлдай ныхасæй, —• афтæ ма йæ афæдзæхста æмæ адыд. Цуца дæр хæдзармæ 154
бацыд, фæлæ уыцы бон йæ зæрдæ æппындæр ницæмæ- уал байрад. Сынтæджы ныххауд æмæ бирæ фæкуыдта. Куыдта йæ «сайд хъысмæтыл». Цыма бирæгъты лæгæт- мæ бахауд, афтæ йæм фæкаст йæ цард æмæ ма дзы куыд фервæза, куыд ма дзы йæхи бахпза, ууыл уыдис йæ ка- тай. Ноджы Газан нозтджынæй тызмæг у, зæгъгæ, йын куы загъта, уæд йе онг бынтон амард. Стыр ныфс дзы æвæрдта. Цыма йын мад дæр, фыд дæр, æфсымæр дæр æмæ хо дæр уый у, ахæм ныфс дзы æвæрдта æмæ пын уыцы ныфс дæр атад. Атад ын зæронды ныхæстæм гæс- гæ. Æмæ дзæвгар фæкуыдта, стæй рабадт æмæ йæхицæн райдыдта тæрхæттæ кæнын: «Нæ, уый куыд дома расыгæй, афтæ цæмæн хъуамæ кæнсн æз? — дзуры йæхицæн. — Уæдта мын мæхи марын кæны, науæд мæ искæй фæнæмыныл’ ардауы расыгæй, уæд æз цæмæн хъуамæ бакæсон йæ коммæ? Тасы бын цæмæн хъуамæ цæрон? Исты мæм тызмæг сдзурдзæн æмæ афардæг уыдзынæп мæ зæронд гыцци æмæ бабамæ. Уыдон ма цин дæр бакæндзысты». — Афтæ аскъуыддзаг кодта æмæ стæй балкъоныл сбадт. Ницæмæуал февнæлд- та. Уæдта мæ, зæгъгæ, райсом цæуын бахъуыд, уæд ма йын хырхгæ та цæмæи хъуамæ кæнон. — Афтæ дæр загъ- та йæхицæн æмæ бадт æнцад. Бадт æмæ æнхъæлмæ каст йæ лæджы æрбацыдмæ... Чындзæхсæвы хъæлдзæг хъæлæба хъуыст Цуцамæ. Хъуыст æм чындзæхсæвы хъæлдзæг хъæлæба æмæ уы- мæн та йæ зæрдæ фæрчытæ хаудта. Мæсты кодта Газан- мæ. Цыдæр цæствæлдахæджы хуызæн æм»зынын рапдыд- та Саучызджы ныхæстæм гæсгæ. Æмæ йæм пыр сæ бал- къонæй уартæ фалæ сыхмæ, чындзæхсæв кæм ис, уырдæм мæсты кодта. Цыма уыцы хъæлæба дæр Газан змæнты. Цыма йæ уый фыдæнæн змæнты, афтæ хъуыды кодта æмæ фырмæстæй йæ цæссыг нал урæдта. Зæгъгæ, уыцы уысм йæ разы мæстыгъуызæй æрбалæууыд æмæ йæм иу гыццыл дæр тызмæг сдзырдта, нæ йыл бацауæрстаид цæ- вынæй. Цæвын цы? Иæ фидар æнгуылдзтæ йын йæ хур- хы ныссагътаид æмæ йæ ныххурх кодтаид. Уыцы æмтъер хъуыдытæ йын йæ зонд сæзмæстой æмæ ноджы йæ кæ- уын нал урæдта. Уалынмæ фыдæнæнгæнæгау уынджы фæзилæнæй æрбазынд Газан. Ахæм цыд æрбацæйкод- та, раст цыма искæмæ лæбуры. Æмæ уыцы исчи та, кæй зæгъын æй хъæуы, Цуца у. — Уæд мæ дæ сæгъ скæн, кæд ды мæнæй ахынджы- лæг кæнай, — сдзырдта иыллæг хъæлæсæй æмæ йæ ,цæс- 155
сыгтæ сæрфынмæ фæцис. — Цæмæн мæ хъуамæ æрбай- йафа кæугæйæ? Цæмæн мæ хъуамæ фенхъæла лæмæгъ, тæригъæддаг сылгоймаг? Уадз æмæ зона, æз уымæй фи- дардæр кæй дæн! — афтæ аскъуыддзаг кодта æмæ йæхи хылæввонг æркодта... Фæлæ йæ нæ бахъуыд хылы сæр. Хылы сæр æй бæр- гæ нæ бахъуыд, æрмæст йæ зæрдæйы фæливæнтæ ноджы фæкарздæр сты, æмæ йæм чи цы цæстæй кæсы, раст сæ чи у æмæ зылын чи у, уымæн ницыуал æмбæрста æмæ тынг стыхст. Газан суанг кæрты дуарæй æрбадзырдта. Уыцы æф- сæрмгъуыз хъæлæсæй æрбадзырдта кæрты къæсæрæй: — Цуца, ныххатыр мын кæн, дæ низтæ. Абон дæ иу- нæгæй кæй ныууагътон æмæ мæхæдæг чындзæхсæвмæ са,у лæджы цыд кæй акодтон, уый мын ныххатыр кæн. Мæ фыртыхстæй мыл æрцыд, науæд мæхæдæг дæр хъуа- мæ мауал ацыдаин. Иугæр дæуæн нæ уыд цæуæн, уæд мæхæдæг дæр хъуамæ мауал ацыдаин, фæлæ... Æниу мын уым дæр хорз фесты. Сурынæй дæр мæ лæппутæ’ бахызтой, науæд мæм Дзадже йæхæдæг лæдзæгимæ ра- лæбурдта. Фесæф, дам, ардыгæй, Дзылыты бæкка, на- уæд, дам, дын дæ сæр ныппырх кæндзынæн... — Æмæ дын æй цæмæн пырх кодта? — хинæйдзаг фарст æй акодта Цуца. — Ацы хуын, дам, чи сарæзта, уый, дам, кæд нæ ра- кодтай демæ, уæд, дам, мæм æй кæдæм хастаи? Кæд ма, дам, федтай нæлгоймаджы чындзæхсæвмæ хуын хæсгæ? Мæ сæрыл мын æй кæй нæ ныццавта, уый дæр диссаг у. — Æмæ сын нæ загътай, рынчын у, зæгъгæ? — Нæ загътон, — йæхи бакъултæ кодта, афтæмæй Цуцайы фарсмæ æрбадт. — Мæ мард фен, Цуца, нæ загътон. — Цæуылнæ загътай? — Зоныс, мæ цæст нæ бауарзта афтæ зæгъын. Нæ ба- уарзта мæ цæст афтæ зæгъын. Куы сцæйдзырдтон, рын- чын у, зæгъгæ, уæд ме уæнгтæ ныррызтысты æмæ ни- цыуал дзурын сфæрæзтон. — Æмæ сын, уæдæ, куыд загътай? Саучызг мæ кæй нæ а^уагъта, уый сын^агътай? — тарстгъуызæй йæ афар- ста. , — Уый дæр нæ загътон. Уый та мæ сæрмæ нæ бахас- тон. Мæ цахъхъæн лæгæн ма йæ рохтæ искæй къухы ой, æгæрыстæмæй, йæхи ныййарджытæ куы ой, уæд дæр ын худинаг у, æмæ йæ æз дæр мæ сæрмæ не схастон. Фæл- 156
тау æй мæхи аефсон фæкодтон, сылгоймагимæ цæуын ахуыр нæ дæн, зæгъын, æмæ йæ уый тыххæй нæ рауагъ- тон... — Уæд æцæгæй суринаг куы уыдтæ, — йæ зæрдæйы фæливæнтæ ноджы ныссуйтæ сты æмæ цыдæр, æмбæхст .æнæввæрсон хуызæй загъта. — Суринаг нæ, фæлæ ацы зæронд мæ къухæй куы ба- цæуа, афтæ зын бацæуæн ын кæдæм у, уырдæм, уымæй тæрсын, Цуца, æмæ ма цы бакæнон? Мæ цæрæнбонты карк никуы аргæвстон æмæ ныр адæймаг куыд амарон? Уымæй дæр æнæбон зæронд сылгоймаджы. — Нозтджынæй дæ фыд-зонд куы хоны. Дæхи иу ра- сыг скæн æмæ... — къахæджы хуызы йын афтæ бакодта. — Уый æз æнæуый дæр зонын, — йæ къух ауыгъта Газан, — мидæмæ дæ афтæмæй кæй не ’рбауагътаид, йæ дуры дæ кæй æрб^дын кодтаид, ’стæй йæ хъæлæс бынтон кæй фæивтаид, уыцы рæвдаугæ хъæлæсæй дын^ æгас хъæубæсты тыххæй дæр æмæ мæн тыххæй дæр алывыд кæй фæдзырдтаид, уый зонын. Æмæ цæмæн афтæ дзырд- та, уый зоныс? Цæмæн цæ, цæмæй дæ йæхи джиппы ра- уадза, йе ’мдзæхтон дæ скæна æмæ йæхийау цардиппæр- дæй æрвитай дæ.бонтæ. Фæлæ йын æз уый бар нæ рат- дзынæн. Нырма уал æй мæ хæдзарæй асурдзынæн, стæй- йæ бафæдзæхсдзынæн, цæмæй ма зила мæ фæдыл. Мæ- хæдæг хос кæндзынæн мæ цардæн. Абон мын нæ уыд æндæр гæнæн. Рагацау мын фæдзæхст нæ уыд æмæ уый та уисæнтæ йеттæ нæ зоны. Бафсæрстаид уырдæм æмæ нын алывыд фæкалдтаид. Адæмы фынг дæр ма сызмæс- таид æмæ йын уый тыххæй ныббарстон. Уый тыххæй ма дæ зæрдæхудт дæр райстон, фæлæ мын æй ныббар. Ныб- бар мын æй, дæ низтæ, — йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ йын лæгъстæ кæны. — Мæхицæн дæр æнæад фæцис. Цæу- гæ дæр уымæн раджы ракодтон, науæд чындзæхсæв ныр- ма йæ тæккæ тæмæны ис. — Ахæм æрхæндæгæй дзырдта, мæгуыр, Газан æмæ йын Цуца тынг фæтæригъæд кодта. Саучызг ын дзы æцæг мæнг ныхæстæ кæй фæкодта, ууыл баууæндыд æмæ йæм йæхæдæг дæр ногæй рамæсты ис. — Æцæг дзы фервæзын хъæуы, науæд нæ цæрыи нæ пыууадздзæн, — бакатай кодта Цуца дæр. — Тæрсгæ дзы ма кæн, — ныфс ын авæрдта Газан. — Æз ын нал ныббардзынæн. Фндарæй йæ бафæдзæхсдзы- Дæн æмæ... 157
* * * Фæлæ йæ нал бафæдзæхста. Зæронд сын цыма сав- хъуыды дардмæ базыдта, уыйау сæм иу дзæвгар рæстæг *нал æрбацыд. Сæхæдæг дæр сæ куыстæгтæй дарддæр кæй никуыдæм .цæуинаг сты, уый зыдта. Донмæ дæр Га- зан никуы ауагъта Цуцайы. Уый нæ зыдта, доны цур æм хъæуы устытæ цы цæстæй ракастысты. Нæ йын æй схъæр кодта, фæлæ сæм дон æгæр дард кæй уыд, уый тыххæй йын тæригъæд кодта æмæ йæхæдæг цыд донмæ.^. Æмæ зæронд дæр æнцад уыдис. Цу хатт та сæ дзæбæх » кæй абæрæг кæндзæн, уымæй йæ ныфс уыд æмæ уал æн- . хъæлмæ каст уыцы искуымæ. Фæлæ йæ уый дæр нал~. æрæййæфта. Газанмæ æфсадмæ æрсидтысты æмæ... Тыны хъæуæй уый размæ дæр бирæ кæйдæрты акод- - той хæстмæ. Цуца хъусгæ цы кодта, æндæр дзы цæугæ никæй федта. Фехъуыста-иу, ныр та уыцы лæппуйы, ныр та уыцы лæппуты акодтой. Æндæр дзы ницы зыдта. Нæ, ноджы ма-иу æм уыцы бонты фæсхъæуæй æрбайхъуыст иæлгоймæгты зарын æмæ сылгоймæгты кæуын. Уыцы за- рын-кæуыпы хицæуттæн-иу ахæм рæстæджы сæ цæстæн- гас цыхуызæн уыд, цавæр зæрдæйы уагыл уыдысты, уый Цуца нæдæр цæстæй уыдта, нæдæр æй зæрдæйы æнкъа- рæнтæп хатыдта. Никуы федта хæстмæ цæуæг адæймаг æмæ йæ уый тыххæй нæ зыдта.. Æмæ-иу сын дардæй йæ- хинымæры уайдзæфтæ кодта: чи зарыд, уыдонæн дæр, чи куыдта, уыдонæп дæр. «Гормæттæ, ныр куы зарут, уæд уын уый цыхуызæн хабар у? — дардæп-иу сæм дзырдта уайдзæфы хуызы. — , Уым уын, мыййаг, цæлы фынгтæ æрцæттæ кодтой, цни- гæнгæ æмæ сæм хъæлдзæг зæрдæйæ уæхи куы ’ппарут, ^уæд?» — афтæ хъуыды кодта, зæгъгæ, иугæр адæймаг за- ры, уæд йæ зæрдæ хъуамæ уа хъæлдзæг, хъуамæ, цы фæп- дагыл лæуд у, ууыл пæуа цингæпгæ. Лæг йæ фырмæс- тæп дæр заргæ фæкæны хатт, уый йæ фæсонæрхæджы . дæр пæ уыд... Æмæ ноджы: «Сылгоймаг уæддæр тæнзæрдæ кæм нæу, науæд пæ- \ уыл тъизыпц адон та? Хæст дæр, мыййаг, хъанмæты гакк куынæ æрæвæрдзæн дунейыл. Цалынмæ уæ бæлццæттæ, деттæ заргæ æмæ хъазгæйæ чи цæуы, уыдон цалынмæ . быиатмæ хæццæ кæноп, уæдмæ, чизоны, хæст фæугæ ’ дæр фæкæпа, уæд развæлгъау уæхи цы марут, æнамæнд- тæ?» — афтæ-иу хæцыд, кæугæ чи кодта, уыцы сылгой- 158
мæгтæм та. Цы кæна, никуы федта йæ хæдзарæй хæстмæ нæлгоймаг фæндарастгæнæг сылгоймаджй цæсгом æмæ- цы кæна? Уыцы сылгоймагæн йæ цæстытæй йæ зæрдæмæ никуы ныккаст æмæ йын цæмæй хъуамæ зона йæ зæр- дæйы уаг? Газанмæ сидты гæххæтт куы ’рбацыд, уæд йæ зæрдæ- йыл, ихы къæрттау, æрæнцад уæззяу маст. Æрæнцад ыл, ихы къæрттау, æмæ уæззаугай тад. Хæст хæст у. Уый иу кæнæ дыууæ лæджы тыххæй нæу. Уый æгас Фыдыбæстæ- йæн иумиаг хъаймæт у, æмæ йыл рисгæ дæр хъуамæ иу- мæ кæной, фæлæ... Уæ, мæгуыр йæ бон фæуа, йæ уæзæг- ыл йæ фæстæ нæлгоймаджы номыл авдæны баст саби уæддæр чи нал уадзы! (Хуыгайы уый размæ акодтой хæстмæ).*Уæ, мæгуыр йæ бон фæуа уыцы бæлццонæн, йæ фæстæ ма цы гыццыл, хæрз гыццыл ныфс уадзы, уымæн дæр, нæлыстæ^у æви сылыстæг, уый чи нæ-зоны! Æмæ ууыл уыдис Газаиæн йæ маст, æндæр уый дæр цæуын хъуыд хæстмæ. Йæ бæс/ты йын йæ уæзæг, йæ гьш- цыл, хæрз гыццыл ныфсы, йæ хъæуы, йæ комбæсты, йæ Райгуырæн бæстæйы чи хъуамæ бахъахъхъæна? Æмæ йын æй исчи куы бахъахъхъæна, уæддæр ма сын стæй сæ зæххыл, уыцы уæзгуытæ æмæ ра^йгуырæн бæстæйæн ма стæй сæ зæххытыл йæ къах цы цæсгомæй æвæрдзæн? Æмæ йæ цæуын æиæмæнг хъуыд, фæлæ йын ахæм маст æвдæрзта йæ зæрдæ æмæ куыд нæ кодтаид масг! Цуца йæхи куыд дара, уымæн пицы зыдта. Нæдæр æм кæуын цыд, нæдæр зарыц, Зæрдæ уыцы дуры хуы- зæн ныццис, æмæ цы арæзта, цы дзырдта, æниу, исты дзырдта æви нæ, уымæн дæр куы нииыуал зыдта, мæг- уыр. Цыдæр куырмæджы, иыдæр æгомыгæй арæзта, Га- зап ын цы дзырдта, уый. Æфснайдта йын нæ фæндаггон дзæкъул æмæ дзы йæхигъæдæй исты æрæвæра, уымæ пал арæхст. Газан-иу ын цы загъта, уый та-йу дзы уыцы æнæарæхстæй ныссыдта. Стæй йæм Газэн æрбацыд. Йæ фæсонтыл ын йæ цопг ауагъта, йæ рнумæ йæ æрбалхъып- та æмæ йын йæ хъусы цур дзуры: « Цуца, афтæ фндар сылгоймаг кæй дæ, тыхджын кæй ^гс, уый тыххæй мынхæнцон у мæ уæззау балцы цæуын. Зоиын æй, бафæраздзыпæ. Бирæ бахъæуа æви цъус, Уæддæр бафæраздзынæ. Дæ тых уый фаг скомдзæн æмя^ \;ып уЬпм1 тыххæй æнцон цæуæн у. Æз та дæм уæлахизæн ^нæмаеиг æрыздæхдзынæп. Æндæр гæпæи нæй: Æз дæу кУьщ бирæ уарзын, уый мæ буары алы нуарыл дæр мы- хУыргонды хуьпæнæй куы зыпы, уæд æй зпаджы нæмыг 159
куыд’пæ хъуамæ уына, куыд нæ йæ хъуамæ хата? Æмæ уыцы нуæрттæй искæмæ куы фæныхила, уæд уымæй ду- ’ нейыл иууыл уаздæр хъуыддаг, уарзондзинадмæ кæй ныхилдзæн, уый куыд нæ хъуамæ зона? Мæн амарынæй адæймаг нæ, фæлæ уарзондзинады кæй амардзæн, уый куыд нæ хъуамæ æнкъара? Æмæ уый афтæ дæр уыдзæн, дæ низтæ, фæлæ уал уæдмæ фидар фæлæу æмæ мын мæ иунæг ныфсы, кæд нырма хæрз гыццыл у, уæддæр мæнæн стыр ныфс у æмæ мын уый æвыдæй бавæр, бахъахъхъæи ,æй æмæ дын уыцы хорздзинад æз дывæрæй бафиддзы- нæн. Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, фæлæ, мыййаг, ис- ты, уæд дын. уыцы лæггад æз мæрдтæй дæр ба.фиддзы- нæн. Куы амæлон, уæддæр уарзондзинад нæ мæлы. Мæ уарзондзинад дæм æрыздæхдзæн, æмæ-иу мын мæ фыр- ты уый æвджид бакæн. Уый йæ фæцудын, фæкæлын ни- куы бауадздзæн æмæ та нæ уæзæг мæ фырт æмæ мæ уар- зондзинады фæрцы суыдзæн нæргæ уæзæг... — Æмæ уæдта чызг у? — йæ мидбылты æфсæрмы худт бакодта Цуца. — Уый гæнæн нæй! — фидарæй загъта Газаи, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — кæд хъысмæт уыйбæрц æгъа- тыр разына, уæддæр-иу æй ды лæппуйы хъомыл скæн •Лæппуйы ном-иу ыл сæвæр æмæ йæ лæппуйы хъомыл скæн... Газан йæ дзæкъул йе ’ккой куы бавæрдта æмæ ма аф~ тæмæй дæр иу хатт куы ныттыхст Цуцайыл æмæ йын куы ; фæпъатæ кодта, уæддæр уымæн нæ райхæлд йæ зæрдæ- йы æлхынцъ. Нæдæр æм кæуын æрцыд, нæдæр зарын, Æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, сæ бæлциæтты-иу , кæугæйæ Чи фæндараст кодта, уыцы сылгоймæгтæ. Æмæ та сын ногæй, йæхи фæфидар кæныны тыххæй, æвæццæ- гæн, уайдзæф бакодта, фæлæ Газан кæрты дуарæй куы ’’ ахызт æмæ, цыма дзы исты ферох, фæстæмæ уый зылд^ куы ракодта, дуары тарвæзтыл дыууæ къухæй куы^ных- хæцыд æмæ йæ гыццыл, фæлæ аджджын уæзæгыл нæ цæст уыцы сындæг куы хаста, цыма дзы алы гыццыл мур ; хайæн дæр йæ зæрдæйыл йæ ныв хицæнæй фысгæ кодта,, уый каст сæм куы кодта, уæд Цуцапæн йæ зæрдæ æрба- уынгæг æмæ дзы цавæрдæр змæст хылы-мылыйæ уыпьг æнæрхъуыды цъæхахст ралæбурдта. Газан ма йæм фæ-1 зьрд. Иæ уæхсчытæ йын ацахста. Фæдзæхсы йæ, кæуын ’ не ’мбæлы, зæгъгæ, фæлæ йæ уыпы ныхæстæй уромгæ н^ . бакодта, ноджы йын фæкарздæр кодтой йæ зæрдæйы _хъынцъыймаг уавæр æмæ куыдта. Куыдта ахæм зæрдæ-\ 160
халæн куыдæй, æмæ Газанæн йæхи цæстытæ дæр доны разылдысты. Афтæмæй цыдысты сæ дыууæ дæр кæугæ- йæ. Сæ иу куыдта æргом, зæрдæха,лæн куыдæй, иннæ та куыдта сусæгæй, зæрдæ фæрчытæ кæмæй фæхауы, ахæм куыдæй. Хъæубæстæ иууылдæр: сылгоймагæй, нæлгоймагæй. зæрондæй, æрыгонæй рацыдысты Газаны фæндараст кæ- нынмæ. Алчи дæр ын дзы йæ дзæкъулы цыдæр фæндаг- гæгтæ тъыста. Алчи дæр ын дзы цыдæр ныфсытæ æв- æрдта, фæлæ дзы Цуцайæн иу ныфс æвæрæг дæр нæ ра- зыид. Ныууагътой йæ йæхиадыл æмæ уый дæр пæ зæр- дæйы тыппыртæ уагъта йæхи фæндиаг. Газан куы ацыд, уæддæр ма адæм иудзæвгар лæууы- дысты æмæ уæззау цæстæнгасæй кастысты йæ фæдыл. Стæй иугай-дыгай фæцыдысты. Куыд ацыдысты, уый Цу- ца хатгæ дæр нæ ракодта. Уый дурцыртау лæууыд æмæ каст, кæд уынгæ ницыуал кодта, уæддæр каст, йæ иунæг ныфс кæуылты ацыд, уыцы фæндагмæ. Каст, цалынмæ йын чидæр йæ цонгмæ бавнæлдта æмæ йыл хъæуырдæм нæ рахæцыд, уæдмæ... Уый уыд Саучызг. Уь1й уыд, йæ тæккæ тыхсты рæстæг ып йæ цонгмæ аудгæйæ чи бавнæлдта æмæ ма йыл хъæу- æрдæм, цардырдæм чи рахæцыд, уыцы иунæг адæймаг. Æмæ йæ фæдьлл, идадзы бæхау, уыцы раст куы фæцис, уæд ын зæгъгæ дæр афтæ кодта Саучызг: — Кæсыс, мæ чызг, хъæуыдзаг адæмæй дыл иу мæт- гæнæг нæ разынд. Дæлла^ггалау сын чи лæггад кодта, уый ацыд æмæ, фæстейæ кæй ныууагъта, уымæн ’чысыл истæмæйты ныфс авæрын уæддæр кæй хъæуы, уый мæт дæр дзы ну дæр не ’ркодта. Ды та-иу мæм кæмдæрты мæсты кодтай. Æз сæ рагæй зонын, мæ чызг, фæлæ дыл сайд макуы æрцæуæд. , Иуимæ дæр дзы, зæгъггч чысыл фемдзæхтон дæ, иу дæрдын дзы, зæгъгæ, чысыг* дæ-уд- мæ фæныхилын бафæрæзта, уæд дæ къуыппæн зарæггаг скæндзысты, фæлæ сæ дæхи хиз. Хæстæг сæ макæмæ цу. Иу хъысмæт ныл ис æмæ йын нæхæдæг исты хостæ кæн- Дзыстæм. Ныры хуызæн бузныг никуы фæцис Цуца Саучызгæй. Ныры хуызæн хæстæг никуы балæууыд йæ зæрдæмæ ^мæ йын исты бузныджы ныхæстæ куы зæгъид, уый йæ фæндыд, фæлæ йæ бон дзурын нæ уыд, æрмæст æм йæхи ^нгом балхъывта æмæ афтæмæй цыд... Къзебысты 3 161
* * * Иæ цæсты раз дуне афтæ сæмтъер ис, бæстæ йыл аф~ тæ разылдис æмæ ницыуал зоны, ницыуал уыны. Уæл- дæф уыцы æмбу, уыцы знæт сыф-сыфæй байдзаг ис æмæг дзы хъус бæрæг бæлвырдæй цы ’рцахстаид, цæуыл дзы фæхæст уыдаид, уымæн ницыуал зыдта... Æмæ старсг уыцы знæт хæлбурцъæй. йæ зæрдæйæ сыфтыдыстььцар- ды мæт æмæ сагъæс. Ницæмæнуал дзы баззад бынат,. налдæр йæ бæлццоны фæдыл йæ мидхъуыдыты акæсьь нæн, налдæр сомбоны уавæрмæ развæлгъау мидæнкъа-4 рæнты цæстæй акæсынæн. Ацы дзолгъо-молгъойæ ма йæ уд, йæхи æнамонд уд нæ, фæлæ уый мидæг цы уд ис, уый куыд бахиза, ууыл джитæнтæ йын йæ удмæ дæр æмæ йæ зæрдæмæ дæр лæбурынц, знæт куыйтау, æмæ сæ йæхц кæм æмæ куыд бафæсфæд кæна, уый дæр иæ зоны. Нæ- дæр æй зонгæ кæны æмæ йæм нæдæр йæ бацагурьшы хъару ис. Ницыуал æм баззад. Куыройы фæлгæтæгау’' равдæлон ис йæ сæр, йæ зонд сфæлахс ис, йæ хъуыдьг бандзыг ис æмæ скуыдта. Æнæзонгæ калачы, æнæзонгæ адæмы ’хсæн йæ мадæй чи фæхицæн вæййы æмæ йæ агу->' рынæй чи бафæллайы, йæ мад ссарыны ныфс бынтондæр ; кæй нал вæййы, ахæм са.бийау скуыдта. Скуыдта, уый цахъхъæн адæймаг, æгæрстæмæй, сылгоймагæй дæр куыд, хиуылхæнгæ куыдæй фæкæуы, ахæм куыдæй нæ’, фæлæ гыццыл сабийы куыдæй. Скуыдта æмæ Саучызджы хус уæрджыты ’хсæн йæ уымæл цæсгом нытъыста. Саучызг æртæкъахыг бандоныл бадт, уый та йæ разы йæ уæрд;чы- тыл лæууыд æмæ йын йæ уымæл цæсгсм йæ хус уæр- джыты ’хсæн нытъыста æмæ ?фтæмæй куыдта. Зæронд « ын йæ калцæг армæй даудта йæ сæр æмæ йын ыыфсытæ æвæрдта: — Ма ку, мæ чызг, — дзырдта йын ныллæг хъæлæ- \ сæй. — Хъысмæт æмæ фыд-зæрдæ адæмы фыдæнæн; мах хъуамæ нæхи рахонæм цæнгæт-æндопæй конд/.' Хъуамæ нæхи цæнгæт-æндонæй конд афтæ рахонæм, æмæ^ йыл нæхицæй раздæр куыд ничи баууæнда. Афтæ фидар;1; æмæ фæразон кæй стæм, уый хъуамæ фыццаг фенын кæ- ^ нæм нæхицæн. Хъуамæ йыл нæхи афтæ баууæндын кæ-(; нæм æмæ нын исчи æндæргъуызон куы дзура, уæддæр нæ Г куынæуал бауырна. Уæддæр мах, цы стæм, уый нæ фй-<< дарæй куыд уырна. Уый тыххæй та нæ, еЬыццаджыдæр, ^ иыссæрфын хъæуы нæ цæссыгтæ... — Æз сæ ныртæккæ дæр ныссæрфдзынæн, — йæ уы- .- 162
мæл цæсгом фелвæста Саучызджы хъæбысæй æмæ йæ къабайы фæччийæ сæрфы йæ цæссыгтæ, фæлæ йын зæ- ронд æрхæцыд йæ къухтыл. — Зæрдæйæ чи ралæдæрса, уыдон ма фæнды сæрф, фæнды ма. Стæйдæр къабайы фæччийæ кæй ныссæрфай, уый быптон ’нæ басур уыдзæн. Уый фæдыл та ногæй ра- лæдæрсдзысты æндæр цæссыгтæ æмæ афтæ кæрæдзи ив- дзысты. Адæймаджы уды та цæссыджы хуызæн ницы фæлахс кæны. Къабайы фæччитæ æмæ кæрдæны къаба- зæй кæй сæрфай, уыцы цæссыгæй тынгдæр адæймаджы уды ницы фæлахс æмæ ихснйын кæны. Цæссыгты ныс- сæрфын хъæуы, кæцæй рахъарынц, уыцы зæрдæйы уи- дæгтæн сæхицæй. Ратæдзынмæ кæцæй фæхъавынц, уым сæ афтæ ныссæрфын хъæуы æмæ, сусæны мæйы къада- дон куыд бахус вæййы, афтæ куыд ныххуыскъ уой. О, мæ чызг, афтæ бакæнын хъæуы. , — Æз уæддæр тæрсгæ кæнын, — сцæй та куыдта, фæлæ Са(учызджы цæстытæм фемдзаст. Уыдон уыдысты, æцæгæйдæр сусæны мæйы хус къадайы хуызæн æмæ йæм бахæлæг кодта. Хæлæг дæр æм бакодта, афтæ фидар æмæ æнæфæтасгæ кæй у, уый тыххæй æмæ дзы тæрсгæ дæр фæкодта. Нал суæндыд кæуын. «Айхуызæн тыхст заманы йын æмцæдис-æмдзæринæн кæй пæ рабæздзынæн афтæ лæмæгъæй, уый куы базона, уæд мæ асурдзæн. Асурдзæн мæ, канд йæхи хæдзарæй нæ, фæлæ йæ уæзæгæй дæр. Ныр уый у уæзæджы нунæг \ицау. Мæнæн дзы нырма цæй уæзæг ис. Дæ тугæй иу æртах уæддæр кæм не ’рхауа æмæ цæрæддзаг удгоймаг кæм нæ феста, дæ туджы ад дын цы зæххæн, цы уæлдæ- фæн нæ базонын кæна æмæ стæй уырдыгæй искуыдæм, фæнды хæстмæ, фæнды мæрдтæм, фæнды йæхи мидбы- иаты куынæ ацæуа æмæ куынæ цæуа, уæд дын уыцы бы- натæн, уыцы зæхх æмæ уæлдæфæн куыд ис дæхицæн уæ- зæг рахонæн? Уый гæиæн нæй. Мæнæн та ауæзæгыл ахæ- мæй ницыма ис. Æмæ ныр уæзæджы иунæг хицау Саучызг у. Куы мæ дзы сура, уæддæр мыл фæстæзйæ •П1цы фæхæцдзæп. Нæдæр мæ... нæдæр Газаиы къæс æмæ нæдæр йæ кæрт. Уыдон мын удгоймæгтау зæгъдзысты: «Ллæма, дæхи нæ цæй номыл хоныс? Нырма.ахæмæй’куы ницы хъæлæба-кæуын-худын фехъуыстам, уæд нын кæ- '[^й схицау дæ? Са,учызджы туджы æрхъисы гыццыл гæккытæ æмæ стыр къæхты бын нæ кæрты дуртæ-æмæ пæ къæсы астæрд ихсигæ бакодтой æмæ нæм уЫ’й разæй -^Ь! цы бар бадарынмæ хъавыс? Фæлтау æм хъус, æмæ 163
дын цы зæгъа, уый араз. Куыд дын æп аразын кæна, аф. тæ йæ араз, науæд схъиуæг-хауæггаг фæуыдзынæ æмае дæм махæй дæр æххуысы къух ничи бадардзæн: нæдæр* къæс æмæ нæдæр кæрт. Нырма дын дæ туджы æрхъисы ад кæй нæ зонæм, уый тыххæй. Махæн та æнæуый нæхи- цæн хицау искæй скæнын нæ бон нæу. Уый бар нын нæ дæтты уæзæджы фарн...» — ахæм сагъæстæ кодта Цуца æмæ йæхиуыл дæр дис æфтыд: ау, уыйбæрц сагъæстæ куы кæнын, уæд мын сæ куыд ничи фескъуыны. Æмæ ба- , каст, йæ сагъæстæн фескъуыныны ныфс "кæмæй æвæрдта, уый цæстытæм. Уыдон уыдысты цъынд. Цæстытæ уыдыс-, ты цъынд, æнæдæндаг гом дзыхæй та цыд фынæйы сым- сым. Æхсæвы сæхимæ хуыссын нæ бауæндыд. Цæмæй тарст, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Ницы нып зыд- та æмæ йæм худинаг каст. Æфсæрмы кодта. Æмæ кæмæй æфсæрмы кодта, уый дæр рæстмæ нæ хатыдта. Саучыз- джы раз бадт æмæ йæ мидхъуыдыйы равзар-бавзар код- та. Цæмæй тæрсы æмæ, кæй тæрсы, уый тыххæй кæмæй æфсæрмы кæны, уый агуырдта, фæлæ йыл нæ хæст код- та. Ницы фарст райхалынхъом уыд йæ сæр. Стæй йæ иыма дзæбæх ахъуыды кæнынæн цавæрдæр æддагон уы- нæр хъыг дардта, афтæ йæм фæкаст æмæ айхъуыста. Æддейæ ницы уынæр цыд. Гом дуарæй йæм æддаг дуне- йæ цы гæппæл зынд, уый афтæ æгуыппæг уыд, раст цы- ма мæлгæ акодта. Уæдæ, мидæгæй дæр сæ дыууæйы йет-г тæмæ ничи ис. Чи дзы хъуамæ уынæр кæна? Стæй фæ- комкоммæ -ис зæронды гом дзыхмæ. Уырдыгæй фынæй усы сым-сым æмæ стæм хуыррыттытæ афтæ дзæбæх хъуыстысты. Ноджы къæс æмæ къæсмæ гом дуарæй æддаг дунейæ цы уаццаг зынд, уыдон мæрдон æгуыппæг кæй уыдысты, уый тыххæй тынгдæр хъуыст зæронд усы фынæй сым-сым æмæ йæ рæстмæ ахъуыды кæнынæн кæй хъыг дардта, уый фæхатыдта æмæ сыстад. Хъуамæ кæрт- > мæ ахызтаид, фæлæ, гом дуарæй йæ сæр куы адардта;< æмæ йæм уынг ноджы æгуыппæгдæрæй куы разыид, уæд/ тынгдæр фæтарст æмæ фæлтау фæрсаджы цурмæ бацыд.,; Фæрсаг бакодта. Акаст цæхæрадон-дыргъдонмæ. Уыр-' дыгæй дæр ницы зæрдæрухсгæнæг уынæр цыд, фæлæ йын уæддæр бæлæстæм кæсын æнцондæр уыд. Афтæ йæм - фæзынд, цыма йын бæлæстæ æмбарынц йæ зæрдæйы уæззау равг æмæ уыдон уый тæригъæдæй афтæ нындзыг ст^ьг, æндæра сæ сыфтæ уæддæр тилйккой, æмæ ма бæс- 164
тæ удæгас кæй у, æрдз кæй нæ амард, уый бæрæгæн ис- тытæ сусу-бусу кæниккой. — Саубон мыл, цыма хъæуы æппындæр змæлæг нал ис, уый хуызæн куы у, — цæхæрадоны ’рдыгæй дæр йæ зæрдæ куы ницæмæй барухс ис, уæд сдзыррдта. Уæддæр фæрссаг нал ахгæдта. Фæрссаг æмæ гом дуарæй цы гæ- зæмæ уддзæф улæфыд, уыдон æхсæн куы фæцис, уæд йæ буарыл цыдæр æхцон уазал алæдæрст æмæ æрчъицыд- га. Æрдз мæлгæ кæй нæ акодта, фæлæ, цавæрдæр уæз- зау фыд æнкъаргæйæ, кæй нындзыг ис, уый фæхатыдта а?мæ ныр дуар ахгæдта, — мыййаг, ацы фынæй зæронды уазал куы бацæуа, уæд фæрынчын уыдзæн æмæ æз бын- тон... «Фæстæмæ дæр дын уый куы фæдзæхста, гормон, уæд уый цавæр дæхи ауагътай? — феххæлдис æм йæ мидæнкъарæн. — Нырма дæ бæлццонæн йæ фæдтæй йæ дæлфæдты ад куы хæссы, нырма йæ хъæлæс дæр дæ алы- вæрсты уæлдæфы ризгæ куы кæны, уæд цавæр къæсса- вæлдæхт фæдæ? Уый дæ фылдæр дæ хъаруйы тыххæй куы уарзы, сæрæн æмæ фæразон кæй дæ, уый тыххæй дæ куы уарзы, уæд цавæр дæ гæрзтæ æруагътай? Цы бан- цой дæ уыцы калцæг зæрондыл? Уый йæхæдæг дæуæй хъуамæ æвæрид ныфс æмæ дзы ды та дæхицæн уæлæф- тау куы сарæзтай, уæд дын уый цы æгъдау у?» — Мæнмæ тых æмæ æрыгондзинад цас ис, уымæй уы- мæ фылдæр ис царды фæлтæрддзинад æмæ фидар у, — йæ мидæнкъарæны раз йæхи раст кæны Цуца. — Æз пырма цы федтон, цы æрæййæфтон царды? Цæуинаг мыл цы уыд, уыдон мыл иууылдæр æнахъомæй æрцыды- сты æмæ сын æз ницы базыдтон. Кæддæр мæ мæ цард- Уарзон æнкъарæн салд дурты цæндыл куыд хилын код- та, уый дæр куы нæ бадардтон мæ зæрдыл. Уый дæр мæм адæмы фæрцы куы- фæхæццæ ис. Мæ цард куыд æрхæц- Нæ нс айонг адæмы фæрцы, уыцы хабæрттæ дæр мæм аф- т# куы фæхæццæ сты адæмы фæрцы, уæд мæ ды цы до- Мь1с? Стæйдæр æз, мыййаг, бирæгъæй, науæд хæйрæгæй Истæмæй куы нæ тæрсын. Ныртæккæ мæм бирæгътæ æмæ Хэ?йрэеджытæ иумæ куы ’рбацæуиккой, уæддæр сæ ных- хУРх кæнин... — ам Саучызг иыдæр æнуд хуыррытт скодта æмæ йæм Цуца фæзылд. Фæзылд æм æмæ та Иа^ мидæнкъарæн афтæ банхъæлдта, цыма дзы æххуыс агУры, цыма бирæгътæ æмæ хæйрæджытимæ куы тох кæ- На> Уæд ын ацы зæронд цас феххуыс уыдзæн, уый бæрæг 165
кæныны тыххæй йæм бакаст, афтæ банхъæлдта йæ мид- æнкъарæн æмæ та йын уый дæр нæ ныххатыр кодта. «Кæсыс, мæ хæзгул, дзургæ иу кæныс, дæ зæрдæйы ! та бынтон æндæр цыдæртæ тæлфы. Бирæгътæ æмæ хæй- рæджыты хурх кæнынмæ дæ ныфс хæссыс, æрмæст иунае- гæй нæ. Хъуамæ та уыдонмæ дæр æвналай дæ зæрондц’ армы бынæй. Хорз уæлæфтау ссардтай, фæлæ дæ уый сылæг къæвдайы зымзымаг æртæхтæй куы нæ бахъахъ-, хъæндзæн, уæд дыл сах къæвда куы æрцæуа, уымæн да?'.' бахиздзæн? Куыд нæ стæй! Дæхицæн дзы стыр ныфсытаё æвæр». — Æндæр мын ничиуал ис адунейыл æмæ дзы иыф- сытæ куы æвæрон, уæддæр никæмæй æфсæрмы кæнын, - никæмæй тæрсын... / «Дæ фæндаггонæн балцамонд фестай, кæдæй ныр,мæ дын нал у ныфс, кæдæй нырмæ дын нал ис, ничи мын ис, зæгъгæ, куы æрдиаг кæныс, уæд? Æви, нырма топпьгхо-' сы тæф йæ фындзыл дæр куынæма аныдзæвд, афтæмæц, йæ ды мæрдтимæ банымадтай?» —_0, мæ сæр амæла, мæ хъуыдытæ куыд сæмтъер сты, — кæуæгау скодта, мæгуыр. — Ныфс та мын куыд нæ у, фæлæ дæ цуры чи нæ уа, уымæй цас ныфс авæрæн ис? Æз мæ хæдзармæ дæр уый тыххæй куынæ уæндын. Мый-' йаг дзы уый къæхты уынæр, уый улæфт куынæ ныдзæ-- ва мæ хъустыл, уæд мæ зæрдæ аскъуыйдзæн æмæ уый тыххæй куынæ уæндын мæ хæдзармæ, — цыма цыдæр-; зын фарстæн дзуапп рауардта æнæнхъæлæджы, афтæ’ йæм фæкаст æмæ йæ зæрдæ чысыл барухс ис. — Кæ- сыс,—дзуры йæхицæн,— Газан хæдзары кæй нæ уы- дзæн, уый банкъарын мæ нæ фæнды æмæ нæкимæ бацæ- уынæй дæр уымæн тæрсьтн. Æз та уый нырмæ не ’мбæрс- тон. Ныр ацы зæронд куы райхъал уа, уæд æй уымæн дæр: зæгъдзынæн æмæ уал мæ ахсæв кæд йæ цуры бауадзид.* Истытæ та мысдзæн. Уæзæджы фарны кæйттæ та исты^ гъуызы кæндзæн, фæлæ йын æз нæ басæтдзынæн. Стæйч кæд цадæггай фæцайдагъ уаин мæ иунæгдзинадыл. Куьь йыл фæцайдагъ уон, уæд та сæтдзынæн мæхи æмæ быхс-\ дзынæн иунæгæй дæр. Быхсдзынæн æмæ йын йæ-хæдзары<' дуар гомæй дардзынæн... Иæ хæдзарæй-иу æрвылрайсоМ цæр фæздæг кæй скæлдзæн, уымæй йын дардæй хæстæг- мæ ныфс бавæрдзынæн æмæ йæ никуы фæсайдзынæн.'- ’- Саучызг та схуыррытт кодта æмæ базмæлыд., Ракаст йæ цæстытæй. К’ьуымты сæ разылдта. Цуца йæм чът^' 166
дымздæхтæй лæууыд æмæ йæ нæ базыдта. Чи у, уый нæ рахатыдта æмæ йæм адзырдта: — Кæцы дæ, кæ, уый? — Æз дæн, нал мæ базыдтай? — цæмæй йын йæ зæр- дæ алхæна æмæ йæм дзæбæхдæр цæстæй ракæса, уый тыххæй йæм йæ мидбылты къæбæр сайаг цуаноны худт бакодта. — Æмæ уæхимæ цæуыл нæ дæ, мæ чызг? — цыдæр рæвдаугæ уайдзæфы ад кодтой йæ дзырдтæ æмæ сæ Цу- ца фæтарст. Цæмæй тарст, уый йæ кæй æййафы, уый йын йæ зæрдæ фелхынцъ кодта æмæ хъуамæ тæргай сабийау алыгъдаид-сæхимæ, фæлæ йæ ныцЬс нæ бахаста. «Сабырæй цы саразон, уый тызмæгæй нæ ратондзынæн ацы зæрондæй», — афтæ ахъуыды кодта æмæ йæм хæс- тæг бацыд . — Хасты хуызæн мæм кæсы нæ хæдзар, — йæ разы та йæ уæрджытыл æрхауд. Æгас хъæу мæм хасты хуызæн зыкы. Иу сыбыртт никæцæй хъуысы æмæ мыл уыцы æг- уыппæгдзинад тас æфтауы. Нырмæ мæ алыварс алцы дæр кодта змæлгæ, тæлфгæ, хъæлæба. Æхсндгæ аджы хуы- зæн мæм каст дуне. Ныр уыцы «аг» йе ’хсидынæй ныл- лæууыд æмæ дзы тæрсын... — Уыцы «аг» мæнæн та цалдæр боны размæ ныллæу- уыд йе ’хсидынæй, мæ чызг, — Цуцайы сæрыл йæ хус арм æруагъта, афтæмæй дзуры Саучызг. — Мæнæн та мæ хæдзар дæр æмæ æгас хъæу дæр хасты ад скодтой цал- дæр боны размæ, Хуыга фæсхъæуæй куы ахызт æмæ мæм пæ къæхты уынæр куынæуал хъуыст, уæд. — /Емæ йæ, уæдæ, æз цæуылнæ банкъардтон уæд? — дисгъуызæй йæ афарста Цуца. — Искæй зæрдæрыстæй адæймаг тыхджын зæрдæрис- гæ никуы свæййы, мæ чызг. Мах кæйдæр мастыл куы фæмаст кæнæм, уæд уымæн кæмдæр нæхи мæт фæкæ- нæм. Нæхи сомбоны сагъæс нæ æркæны уыцы уавæрмæ. Ахæм рæстæджы нæ цуры чи вæййы, уыдон фæфæдзæх- сæм нæ ахастæй. Фæдзурæм сын, нæ маст тыхлæмæрст кæнгæйæ: кæсут, æз куыд тынг маст кæныи кæйдæр мас- тьтл. Уæ зæрдыл æй бадарут, æмæ искуы мæныл дæр уæз- зау фыд куы æрцæуа, уæд-иу мын мæ мастæй уæхи фæ- хайджын кæнут. Айсут-иу мын мæ уæззау фыды уаргъæй ^мæ мæнæн дæр фæрогдæр уа, æнцондæр хæссæн мын сУа. Ныр, мæ чызг, дæу дæр искæмæй ныфс куы уаид, Уæд мæнмæ не ’рбаппæрстаис дæхи. Уæдæ ма ахъæуы Гадза чындзытæ æмæ чызджытæй иу цалдæры бафæн- 167
дыдаид дæ мастæй сæхи фæхайджын кæнын. Уæдæ ма иу цалдæрæй демæ рацыдаиккой, дæ хæдзары дæ фарс- мæ абадтаиккой, ныфсытæ дын авæрдтаиккой, дæ зæр- дæ дын исты ныхæстæй барæвдыдтаиккой, æндæра дын куыд æнцон уыдаид. Уæд ды, ныртæккæ цы тасы кой кодтай, уый нæ банкъардтаис. Æз æй хатын: ды нæдæр бирæгъæй тæрсыс, нæдæр хæйрæгæй. Ды иунæгдзина- дæй, къуымты æгуыппæгдзинадæй тæрсыс, æмæ ’дæ алы- варс дæхи цахъхъæн фæсивæд куы бадид, уæд дæ нæ равдæлид тасыл, иунæгдзинадыл сагъæс кæнынмæ. Гъе, æмæ нын уый кæй нæй, нæ дыууæ ахæмтæй иппæрд кæй стæм, уый тыххæй хъуамæ кæрæдзийæн фылдæр ныфс уæм. Æндæр гæнæн нын нæй. Нырмæ ма æз дæр уæддæр цæмæйдæр ныфс æвæрдтон. Æихъæлдтон, зæгъын, чизо- ны, нæ хисдæртæ, хицау^д дæр æмæ адæм дæр кæй къу-. хы сты, уыдои, зæгъын, чизоны, ахъуыды кæной, алæма Тыны хъæуы ацы мыггаг быныскъуыд кæны. Уыпы дыу- уæ нæлгоймаджы ма дзы уыд. Иуы дзы акодтам: Цæй,1 иннæйы уадзæм æмæ ма уый фæрцы уæддæр кæд суаид уыцы уæзæг уæзæджы хуызæн. Афтæ мæм дзырдта мæ зæрдæ. Æниу ыл тынг не ’ууæндыдтæп æмæ мæхинымæ- ры тох кодтон ахæм дызæрдыг сæнттимæ. Тох кодтон, æмæ ныр цалдæр æхсæвы фынæй дæр нал бадфн. Ныр иугæр уыцы тохы æз састы бынаты баззадтæн, уæд ме онг равдæлон ис æппæт сагъæстæй дæр. Цы ма у мæ сагъæсты сæр? Цæуыл ма у мæ тох? Ницæуыл æмæ ме онг равдæлон ис æппæтæй дæр. Фынæй дæр уымæн адæн... * * * Æхсæв уыдис сатæг-сау. Афтæ сау уыдис, афтæ, æмæ арвы стъалыты дæр цæст гæзæмæты йеттæмæ не ’взæрс- та. Æхсæвы сæнт-сау чысыл уæддæр фæурсдæр кодтаик- кой, уый сæ къухы не ’фтыд æмæ, цыма ног чындзытæ- уыдысты, уыйау æфсæрмыгæнгæ сæхи æмбæхстой. Цуца йæ изæры зылдтытæ талф-тулфты акрдта. — Ныхъуыдты ма мæ уадз, чи дæ амард, уый стæн, — барæй йыл сбуцтæ кодта, мемæ рацу, зæгъгæ, йын куы загъта, уæд. — Мæхн хъизæмары фаг куынæуал комыни мæ калддзæг уæнгтæ, уæд ма мыл ды та цы æрцауындзæг’ дæ! — барæй йын буцтæ кодта, науæд ын æхсызгон уыд. Иæхи йыл’кæй æрбакъул кодта æмæ дзы ныр æнцонæй кæй нал ахицæн уыдзæн, уый йын æхсызгон уыд. — Цы мын уайдзæфтæ кæныс? — бауæндыд æм дзу- рын Цуца дæр. — Ацы уæзæг ныр нæ дыууæйы бæрны ис 168
æмæ йыл хъуамæ нæ цыд дæр, не змæлд дæр иумæ уа„ Хицæнтæй ницы сарæхсдзыстæм æмæ кæрæдзийæн уай- дзæфтæ цы кæнæм? — Цæй хорз, ахиз мæ разæй. Æз дæр дæ фæдыл дæ аууонау хилдзынæн. Æндæр нын, æцæг, цы гæнæн ис? — йæ лæдзæг райста æмæ... Изæр ,гæзæмæ куыддæр фæмилтæ ис, афтæ кæрчытæ бæласмæ стахтысты. Уыцы дыпджыр пæлæхсар бæласыл дзы алкæй дæр куыд нæ фæуыдаид парахат быиат. Рав- зар, кæцы. къалиу дæ хъæуы, уый æмæ йыл фæрнæй бад, фæрнæй йыл улæф æмæ фынæй кæн суанг боны æрба- рухсмæ. Фæлæ ууыл нæ бафидыдтой. Алкæй дæр дзы фæндыд иннæтæй уæлдæр стæхын æмæ комкоммæ иннæ- ты сæрмæ æрбадын. Кæрæдзимæ дæрддзæфты æрбадта- иккой, уый дæр сæ нæ фæндыд. Хъуамæ уыдаиккой иу ран, æрмæст, иннæтæ — бынæй, æмæ уый та — сæ сæр- мæ, — афтæ дзы хъуыды кодта алчи дæр æмæ-иу ууыл хъуыды гæнгæпæ æмæ иннæты сæрмæ хизгæйæ кæрæ- дзи скъуырдтой. Бирæ-иу дзы хаугæ дæр ракодта. Ра- хауд-иу дзы исчи æмæ-иу йæгуæдмæйы фыдæбон дзæгъæ- лы фæцис. Æмæ сæ пæр-пæрæй, сæ дзæгъæлы хъа-хъайæ изæры æнцопдзинадмæ кæй ныхылдтой, уый тыххæй сæм смæсты ис изæр æмæ йæ сау пæлæзы æнгомдæр æрны- уæрста йæхи. Ныр куырмæджы æхсынут кæрæдзи хъуын- хъис, зæгъгæ, сын загъта. Æмæ уæд кæрчытæ дæр ныс- сабыр сты. Æхсæвы тары кæрæдзи нал уыдтой æмæ дзы кæй кæм æрæййæфта, уым æрныгъуылдис æмæ æрфы- нæй... Хъуг лæууыд кæрты иу къуымы. Æнцад лæууыд æмæ уыцы æнæуынæрæй сынæр цагъта. Цуца æмæ Саучызг кæрты дуарæй куы ’рбахызтысты, уæд нæ зæрдæ барухс. Хъуамæ сæм бауасыдаид, фæлæ йæм изæр æгæр æгуып- пæг фæкаст, æмæ уыцы æгуыппæгдзинадмæ фæныхилын йæ цæсгом пæ бахъæцыд, æвæццæгæн. Иæ замс былтыл хæрдмæ схæцыд, йæ сынæр цæгъдын дæр фæуагъта, фæ- лæ нæ бауасыд. Ныууагъта йæ. Фæлтау ногæй райдыдта сынæр цæгъдын. Цуца хъуамæ хъуджы бын дзуццæджы æрбадтаид, фæлæ йæм бандон æгæр дард уыд. Саучызг кæуыл æр- бадт, уыцы фæхсбандон æм æгæр дард уыд æмæ йæ зæр- дæ барызт. Хъуджы бакодта зæрондмæ хæстæгдæр. — Уым æй æрдуц, цы ма йын фыдæбон кæныс? — ба- дзырдта йæм Саучызг. — Ды мæм æгæр дард дæ æмæ мын зын у. Хæстæг 169
мæм куы нæ уай, уæд тæрсгæ кæнын, — басаст пе ’гуы- дзæгдзинадыл Цуца. — Мæ тæригъæд та дын зæгъон, кæд дæм, æцæг, би- рæгътæ нæ лæбурынц, — йæ мидбылты хъынцъым æнгас худт бакодта Саучызг. — Бирæгъæй мæм ацы æмырдзинад тæссагдæр зыны. Бирæгъæн та циу? Уый уыныс. Кæцæй дæм лæбура, уый зоныс æмæ дзы дæхи бахиз. Кæд æппын ницыхъом ба- уыимæ хæссай дæ ныфс, уæд бæласмæ уæддæр сбырдзы- нæ. Фæлæ ацы мæрдон æмырдзииадæй та кæм бамбæхс- дзынæ? Дæхæдæг йæ хуылфы дæ æмæ дзы кæм бамбæхс- дзынæ дæхи? — Цæй, афтæ æгуыдзæг дæр ма ныккæн дæхи. Уан- цон нæу, гормон!.. Бæргæ архайдта йæхи фидар кæныныл, фæлæ йæ бон нæ уыд. Нæ-уыд йæ бон æмæ йæхимæ мæсты кодта: «Уæдæ, фæлæу, — цыма искæмæ æрдхъирæн кæны, уыйау дзуры йæхицæн. — Куыддæр хъуг радуцоп, афтæ бацæудзынæн хæдзармæ. Рухс ссудздзынæн. Æхсыр пыф- фæрсудздзынæн. Ахсæн ыл пыккæндзынæн æмæ... — æмæ куы фæцис хъуг дыгъд, уæд фестад. Р1æхи уыцы . цырд ауагъта хæдзарырдæм, фæлæ асины фыццаг къæпхæныл йæ къах скъуырдта. Куырмæджы цæуæгау уыцы тæрсгæ- ризгæйæ цыд. Нæ уыдта йæ развæндаг æмæ скъуырдта йæ къах’ æмæ асиныл бахауд. Ныцъæхахст ласта. Цыма йæ къах не скъуырдта, фæлæ йын æхсæвы æмырдзинад ацахста йæ къæхтæ, афтæ нæм фæкаст æмæ дзы тыпг фæ- тарст. Фестад æмæ фæстæмæ ралыгъд. — Цом уæхимæ, Саучызг. Æгас хъæубæстæ куы æрæмбырд уой, уæддæр æз ацы хæдзармæ æнæбоиы рух- сæй нал бауæнддзынæн. «Афтæ, гъе, мæ хæзгул, — йæхинымæры йæм дзуры Саучызг. — Адæймаджы авналæнтæ æмæ атæлфæнтæ иу- уылдæр хъысмæты къухы сты æмæ уый кæдæм нæ фæн- да, уырдæм хъуамæ ма ныхилай. Ды дæр атæлфтытæ кодтан. Мæнæ ацы хус аркъаутæй дæхи атонынмæ хъа- выдтæ, — йæ зæрдæйыцæстытæй æркаст йæ къухтæм. — Тыны хъæуы къахбайтимæ æмдзæхтон куы суыдаис, уый дэе фæндыд. Мæнæй ницы æфтиаг æнхъæл уыдта^ æмæ сæм дæ рæтæнтæ тыдтай. Æз дæ афтæмæй дæр æнцæпт- ты н,æ ауагътаин, фæлæ мæ уд йæ фæхъхъау фæуæд хъыс- мæтæн. Мæ дæлвæччи дæ дзæбæх куы æрбатъыста. Ныр дæ уырдыгæй тыхæй куы сурон, уæддæр дзы никуыдæм- уал акомдзынæ.» — Афтæ нæхипæн æхсызгси ныхæстæ 170
кæнгæ цыд Саучызг Цуцайы разæй. Хъазты раздзоджы цыд кодта схъæл бæрзæйæ. Саучызгæн йæ лæджы амæлæты фæстæ йæ цуры ни- куы ничи хуыссыд. Æцæг, Хуыга къахæй куы ацыд æмæ авдæны куынæуал бакуымдта, уæд ма уый иуцасдæр хуыссыд йæ цуры, фæлæ уый æнгуылдзыйас уыдис æмæ йæ цас хъыгдардтаид? Стæй уый цурæй дæр тагъд ра- лыгъд лæппу æмæ ус иунæгæй хуыссын фæцахуыр ис. Ие онг, йæ буар никæйуал æруарзтой æмæ йын ныр Цуца куы загъта, æз ам дæр иунæгæй нæ бауæнддзынæн хуыс- сын, зæгъгæ, уæд мæрдты джитæнтæ бакодта. — Иу хатæны уыдзыстæм æмæ цæмæй тæрсыс? — ныфсытæ йын æвæрдта. — Цæмæй тæрсыс мæ цуры? Ам ахæм хорз бынат у æмæ дзы æвзæр фып фенынæй дæр макуы фæтæрс. — Дæ буар мыл куынæ ныдзæва, мæ цуры кæй дæ, уый дæ буары ныдзæвдæй куынæ хатон хъалæй дæр æмæ фынæйæ дæр, уæд мæ бон нæ бауыдзæн, — кæуæгау скодта Цуца æмæ ма уымæн дæр цы гæнæн уыд? Схуыс- сыдысты иу ран. Æмæ æцæгдæр, Цуца афтæ æнгом бал- хъывта йæхи зæрондмæ æмæ уымæн, мæгуыр, фезмæлæн дæр нал уыд. Иуæрдæм æрзылдаид, уый фадат дæр ын нал лæвæрдта. Чысыл-иу куы фезмæлыд, уæд та-иу Цуца дæр фесхъпудта. Тарстгъуызæй-иу æй афарста: — Мыййаг, исчи æрбацæуы? — Бафынæй ма кæн æмæ мæ ныууадз, чи дæ амард, уый стæн, — сбуцтæ-иу ыл кодта зæронд. — Чп нæм хъуамæ æрбацæуа? Ныртæккæ алкæмæн йæ сæр йæ кой у. Кæй æвдæлы махмæ цæуынмæ? — Хорз, хорз. Нал дæ бахъыгдардзынæн, — афтæ-иу бакодта Цуца æмæ та-иу ноджы æнгомдæр ба^хъывта йæхи зæрондмæ. Ныфс-иу ын бæргæ бавæрдта, кæй йæ нал бахъыгдардзæн, уымæй, фæлæ та-иу йæ хъуыдыты куы адзæгъæл, йæ зонд æмæ ха-иу йæ хъуыдытæ куы ан- дзыг сты, куынæуал-иу змæлыд, уæд та-иу зæронд афтæ фенхъæлдта, цыма фынæй ацис æмæ-иу дзы сындæггай фæцæнхъуызыд. Æнпу дзы хъуызгæ кæдæм хъуамæ акодтаид? Кæдæм хъуамæ ахъуызыдаид, йæ аууонау ыл чи нындæгъд æмæ йæ атæлфын чи нал уадзы, уыцы фы- дæбойнаджы сылгоймагæй, фæлæ дзы уæддæр чысыл йæхи куы аиуварс кæнид, къулæрдæм куы а’зилид, æмæ йыл йæ буар куыд нал ныдзæва, афтæ гыццыл, хæрз гыццыл уæддæр куы фæфалдæр кæнид йæхи, уый йæ бæргæ фæиды тыиг зæрдиагæй, фæлæ... Æмæ та д:«ы куы 171
«фæцæйхъуызыд», къулæрдыгæп йæ бынæй хъæдздзульг кæрон куы рафтыдта æмæ куы фæцæй зылд, уæд та Цуца арвы цæфау фестъæлфыд. Йæ цæнгтæ æмæ йæ зæнгтæ атыхта зæрондыл. Æгасæй йе онг рызт. Дзурын дæр нал фæрæзта, æрмæст ма афтæ бакодта: — Уый... уый... уый у... — Чи у, мæ тæригъæд дыл макуы ныккæла? — фæ- хъæр ыл кодта Саучызг. — Бафынæй кæп æмæ мæ ныу- уадз. Бирæгътæ йæм, мыййаг, куынæ лæбурынц. Цæуыл стъæлфыс!.. — Кæм ис бирæгътæ? — æвæццæгæн ын, мæгуыр, йæ дзырдтæй æндæр ницы фехъуыста æмæ ноджы старст. Зæронд йæ мæгуыры бон базыдта æмæ æхсæв цæмæй фæ- цыбырдæр кæна, ахæмæй исты уæддæр куы рымысид, науæд йæ калддзæг уд рагъæнмæ хизинаг фæуыдзæи. Йæ мид-зæрдæйы цыдæр фæрæзтæ авзæрста, стæй ра- зылд Цуцайы ’рдæм. Йæ цæнгты ’хсæн æй æрбатыхта æмæ йын афтæ зæгъы: — Хъус æмæ дын уæдта аргъау ракæнон. — Ракæн мын аргъау. Ракæн мын аргъау, мæ ацы зындонæй кæд исчердæм мæ уд сиртасид, — чысыл сы- вæллонау кæуынхъæлæсæй дзырдта Цуца æмæ йын йæ хус фарс армæй сæрфта. — Ракæндзынæн дын аргъау, æрмæст чысыл фалдæр фæхуысс. Къулмæ мæ нылхъывтай æмæ мын налдæр сулæфæн ис, налдæр рæстмæ сдзурæн. Цуца йæ къух хъуамæ зæрондæй къулы æхсæн нык- кодтаид. Раст дзуры æви йын барæй уайдзæфтæ кæны, уый базоныны тыххæй хъуамæ йæ къух ныккодтаид къу- лæн зæронд усы æхсæн. «Æцæг æй куы нылхъывтон къулмæ», — ахъуыды код- та. Йæ къухæп æпæхъæн. Сæрфта йын йæ фарс æмæ цы- ма йæ уырзтæ кауы фарсыл хылдысты, уыйау-иу æн- гуылдзтæ фæрскæй-фæрскы ’хсæн уыцы арф уырынгты фæфидар сты. «Дæ мад амæла, мæ дзæбæх зæронд, — йæхинымæры батыхст Цуца. — Дæ цармæй стджыты ’хсæн æппын фыды мур куынæуал ис, уæд ма дзы дæ уд цæуыл лæу- уы? Дæ туг та" ма кæуылты лæдæрсы, царм стджытыл афтæ тынг куы нындæгъд, уæд?» — Афтæ у, мæ чызг, — цыма Цуцайы мидхъуыдытæ бамбæрста, уыйау æрхæндæггъуызæй сдзырдта зæ- ронд. — Цардæн йæ сæфтæгæй йæ цæфхады ’хсæн чи ба- 172
хауы, уыдон иууылдæр афтæ нылхъивы. Афтæ сын алæ- мары сæ фыдтæ цармæн стджыты ’хсæнæй... Ацы коймæ Цуцайæн йæ уæнгтæ барызтысты. Гобан æмæ йæ хъæдздзул кæрæдзимæ афтæ æрæлхъывтой, æмæ сæ фæтарст. Цыма дзы иу ныртæккæ царды сæфтæг фест- дзæн, иннæ та йæ цæфхад æмæ уыдон æхсæн бахаудзæн, афтæ йæм фæкаст æмæ бацырд кодта зæронды. Уыцы цъыссымæй хи ратонынæн хуыздæр амал ницы ссардта æмæ зæронды бацырд кодта . — Аргъау мын ракæн. Мæ уд цавæрдæр цъыссымы хауы æмæ мын æй ма бауадз. Фæлтау мын æй аргъауы амæттаг фæкæн. — Аргъау кæнынæн дæр, мæ хур, зонд æмæ хъуыды хъæуы. Мæнмæ уыдонæй раджы дæр, æвæццæгæн, ницы уыд. Ницы мæм дзы.уыд, науæд мын цымæ æндæргъуы- зон цæрæн нæ уыд? Чи зоны мын уыд, фæлæ мын уый тыххæй зснд æмæ хъуыды, æвæццæгæн, не ’сфаг сты. Ныр га уыдæттыл сагъæсæн байрæджы ис. Цардæй иу уысмы размæ дæр цы аивгъуыйа, уымæн мын азты дæр нал ис раздахæн. Афтæ тулы йæ- цалх æмæ йын мах бон ницы у, мæ хур, фæлæ дын уæддæр иу аргъау ракæпдзы- нæн. Кæд æмæ йæ кæм фехъуыстон, уый дæр нал лæууы мæ зæрдыл, стæй дын мæлæты дзырдарæхст дæр нæ дæн æмæ йæ мæнæн куыд радзырдæуыд, æз æй дæумæ афтæ кæм фæхæццæ кæндзынæн, фæлæ нæ дыууæйы дæр хъæ- уы мæнæ ацы хъизæмайраг æхсæвæй иу чысыл ратоныны., иу чысыл æй фæцыбырдæр кæныны тыххæй æмæ ма дзы кæд уый фаг истытæ æрæвзæра мæ фæлахс зæрдæйы, кæниоддæр цы кæнæм? Не стыр фыдтыл куы хъæцæм, уæд, аргъауæй исты йæ бынаты загъд куы нæ æрцæуа, уæд ууыл нæ ныхъхъæцдзыстæм?.. — Ныхъхъæцдзыстæм ыл, — иыфс ын авæрдта Цуца дæр. Æниу, ныртæккæ йæхицæй фылдæр ныфс авæрын никæмæн хъуыд, йæхицæй фылдæр ныфс авæрыпмæ ничи æнхъæлмæ каст, фæлæ æгæр бирæ кæй дзырдта зæронд, аргъаумæ æгæр дæрдтыл кæй цыд, уый йæм хъыг каст æмæ йын йæ аргъаумæ цæуæн фæндаг алыг кæныны тых- хæй авæрдта ахæм ныфс. Æмæ йын фæхос ис. Иу хатт ма арф ныуулæфыд æмæ... — Раджы-ма р’аджы. Афтæ раджы дæр, чи зоны, нæ уыд, фæлæ бынтон æрæджы дæр, æвæццæгæн, цæ уыда- ид. О, æмæ дын иу калак-хъæуы цардысты хуыцауы- сконд адæм. Адæмæй иуты хуыцау сфæлдыста, иннæты та хæйрæг æмæ уымæн фæдзурынц, хуыцауысконд адæм. 173
Науæд адæм иууылдæр хуыцауысконд куы уаиккой, уæд ма сæ дихтæ цæмæн кæниккой аргъаугæнджытæ? Фæлæ хæйрæджы сконд адæм дæр ууыл нæ сæттынц. Нæ йæ хъæр кæнынц. Уыдон дæр сæхи хуыцауысконд фæхо- нынц. Æмæ сæм хъысмæт куы смæсты вæййы, уæд сæ иу- ранмæ æртæры. Æртæры сæ иу хъæумæ. Иу уæзæг схай кæны хуыцауысконд адæмæн æмæ хæйрæджысконд адæ- мæн æмæ сын фæзæгъы: «Ныр уæхæдæг фидаут, уæхæ- дæг равзарут, хуыцауы сконд уæ чи у æмæ хæйрæджы- сконд чи у». Æмæ дын, мæ хур акæнай, ацы калак-хъæуы хуыца- уысконд адæм афтæ æнгом, æмуд æмæ хъæрмудæй кæй цардысты, уый хæйрæгмæ хъыг куы фæкæсид. Хъыг цы? Смæсты сæм ис. Уыцы хъæубæсты хæйрæгдзинады кой кæй никуы никæй дзыхæй сирвæзт, ’уый йæм хардзау æр- каст æмæ сын се ’хсæн фæкодта йæхи сконд адæмæй. Бирæ нæ, ,иу сын фæкодта се ’хсæн йæхи сконд адæмæй, стæй йæ фындзы бын йæ тæнæг рихи асхъаудта æмæ сæм йæхи нымæры бардхъирæн кодта: «Ныр кæсут, хуы- цауысконд адæм, уæ митæм, уæ цардмæ, æндæра уæ хъуыддæгтæ иууылдæр не ’сзыгъуыммæ уой.» — Афтæ сæм бардхъирæн кодта æмæ афардæг ис йæ хæйрæгон бæстæмæ. Хæйрæджысконд лæг уыдис тыпг уындджын. Фæтæн- уæхск, бæрзонд, бæзæрхыг. Иæ цæсгомы бæрджытæ уы- дысты, хæйрæгæн хæйрæгдзинадæй цас йæ бон бацис, уымæй нывгондау. Иу тæпп, иу æрдумæ дæр дзы фау ни- чи æрхастаид. Уæдæ, тыхæй, хъаруйæ, ныфсхастдзина- дæй дæр пæ разæй никуы никæй ауагътаид. Фæлæ йæм иууыл фылдæр та уыдис сæрыстырдзинад. Уынджы рацæуы, зæгъгæ, уæд-ну йæ риу хъуамæ хастаид йæ сæр æмæ йæ уæрджытæй бирæ раздæр. Сæр-иу уыцы зул- аив сæвæрдта, дугъон бæхау, æмæ йæ ницæй тыххæй фезмæлын кодтаид. Искуы йыл, зæгъгæ, хъæуы фæрн- джындæр зæронд лæгтæй исчи амбæлд, уæд æй уый раз дæр нæ фæкъул кодтаид арфæйы охыл, сылгоймагæн цыт скæныны номыл йæ къах фæсфæд никуы айста. Фæл- тау-иу арф мнты дæр сылгоймæгтæ сæхæдæг ахызтысты фæсфæд æмæ ма-иу дзы бирæтæ йæ фæстæ адзырдтой: ай цыдæр хæйрæджы сфæлдисæггаг у, хæйрæджытысайд у, зæгъгæ, æмæ цы нæ дзырдтæ хауд йæ фæдыл. Уыцы дзьфдты та алы хатт дæр ацы пæлгоймаджы сфæлдисæ- джьГном уыд зынæн бынаты. Хæйрæг дардмæ хъуыста 174
ацы ныхæстæ æмæ фырцинæй йæ уд хуры фарсмæ бадт æдзухдæр. Хæйрæг хъавыд, зæгъгæ, йын хуыцауысконд адæмæй иу сылы къах йæ хай фæкæнон æмæ сын сæ туг бынтон- дæр схъæстæ кæна. Уый тыххæй-иу ын йæ цæстæнгас куы иу чызгмæ фæцарæзта, куы иннæмæ. Кæддæр ын дзы кæйдæрты уынджы дæр æруромын кодта. Æнхъæлд- та, зæгъгæ, ме сконд нæлгоймаг æмкъайагæн кæй сыл- гоймагмæ баулæфа, уый фырцинæй уæлæрвтæм хау- дзæн, фæлæ йе ’нхъæлцау фæмæнг ис. Кæмæ-иу бахатыд, уыдонæй-иу ыл иутæ сæхæдæг систой пыррыччытæ æмæ худы’н. Дæ хæйрæджысконд уындæй сæрыстыр дæ, зæгъ- гæ, фæлæ дын æй æз уынгæ дæр нæ кæнын. Мыййаг, дæ сомихæгты армукъамæ уæймæ куынæ аласдзынæн уыцы уындджынæй, зæгъгæ, афтæ-иу ын бафæрæзтой уыцы хуыцауысконд бындайрæгтæй бирæтæ. Уымæ-иу чи нæ сарæхст, уыдонæн та-иу æй сæ ныййарджытæ фæкодтой алыгъуызон фидиссаг ныхæсты быы. Лæппу уыцы уавæ- рæй тыхсын байдыдта æмæ хъуамæ фæлыгъдаид уыцы адæмы æхсæнæй, фæлæ йе ’сфæлдисæджы нæ фæндыд афтæ æмæ йын йæхи сфæлдисгæ адæмæй иу йæхи хуы- гæн рæсугъды йæ хай фæкодта. Иухатт дард балцæй здæхт фæстæмæ. Иу ран æй тар- ;ъæды астæуты цæуын хъуыд уæрдонвæндагыл. Лцы чыз- джы дæр уьшы фæндагыл цæуæг фæкодта хæйрæг, йæ- хæдæг йæхи абырæг фестын кодта. Чызджы раз æрлæу- уыд. Ныртæккæ дæхи æрфистæг кæн, зæгъгæ, æмæ мæ мондæгтæ хъуамæ суадзон, афтæ йæм бадзырдта, лæппу сæм хæрз хæстæг куы уыд, иу ахæм ран. Чызг ныхъыл- шст кодта. Хæпрæг æй ио/тжы ацахста. Р1æ дзых ын æх- гæны, йæ дзаумæттæ йын скъуыдтæ кæны. Чызг кæуы, йæхи дзы тоны, фæлæ хæйрæг æндæр хæйрæг цæмæн у? Р1æ тыхтæ йыи бадон кодта æмæ йæ а-ныр æрбынæй кæна, афтæ сæ аиы калак-хъæуккаг лæппу æрбаййæфта. Куы ?æ ауыдта афтæ хъуырдухæнгæигæ, уæд сæм уæлбæхæп æрбаскъæрдта. Хæйрæджы фæсонтæн ехсæй иу сæндæгъ- та, стæп æргæпп ласта бæхæй. Йо ’фнæгготæй йæ ацахста æмæ, сæ дæле цы бырц уыд, уырдыгæй йæ асхуыста. Хæй- рæджы дæр ма æндæр цы хъуыд, фæлæ чызг уæддæр иу- Дзæвгар рæстæг йе ’муд нал цыд. Лæппу йæ йæ хъæбыс- мас фелвæста. Уым хæстæг дон цыд. Уырдæм æй бадавта. Донæй йын йæ цæсгом, йæ цæнгтæ сæууæрста æмæ чызг ^рчъицыдта. Йæ цæстытæй куы скаст æмæ йæ уæлхъус Уьщы хæйрæджысконд кæлæнгæнæг цæстæнгас куы ау- 175.
ыдта, уæд та йæ ногæй бауадзыг кæнынмæ бирæ нал ба- ’ хъуыд, фæлæ лæппу йæ уæрджытыл æрхауд йæ разы: — Тæрсгæ мауал кæн, мæ хуры хай. Æз уыцы налат нæ дæн. Æз дæ ирвæзынгæнæг дæн. — Æмæ уæд уый та?.. — ризгæ хъæлæсæй йæ афарста чызг. — Къæдзæхæй йæ авзылдтон æмæ, цæмæйзон, кæм ныххæррæгъ ис. — Уæдæ мæ нал æрцахсдзæн? — Нал, мæ хуры хай. ; — Дæ хуры хай та мæ цæмæн хоныс? Æз дæ куыняе ^онын? — Æз дæр дæ нæ зонын, фæлæ’нæ иугæр не сфæлдисæг - ахæм ранмæ æрхаста, уæд... Æз дæу хуызæн рæсугъдыл фембæлын æнхъæл æиæмæнг уыдтæн æмæ дæм æнхъæл- мæ кастæн. Кæд дæуыл дæр мæн разæй ничима сæмбæлд, ^ ^икæйма уындмæ бæлгæйæ æрвитыс дæ бонтæ, уæд сра- зы у мæ фæидыл. Кæрæдзийæн аккаг æмкъæйттæ кæй уыдзыстæм, уымæй мæ стыр ныфс ис. — Мыпйаг, мæ кæд сайгæ кæныс, уæд мæ тæригъæды ’ ма бацу, — лæгъстæгъуызæй сдзырдта чызг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:—Æз сидзæр, æнæхицау чызг дæн. Мады æрвадæлтæй дарддæр мын мæн у зæгъæг ничи ис. О æмæ мæ тæригъæды куы бацæуай, уæд дын æй не сфæлдисæг нæ ныххатыр кæндзæн. Лæппу йын ард бахордта æмæ йыл уæд чызг дæр бау- : уæндыд... — Фæрæтыхъæдæн барст фесты ацы хæйрæджыты байзæддаг, — куы-иу рацæйцыдысты ус æмæ лæг, уæд- иу сæм адæм кæсгæйæ баззадысты. Сæ уынд, сæ бакаст- ; .мæ, сæ уæздан, сæрыстыр къахайстмæ хуры чызг æмæ мæйы фырт дæр кæй бахæлæг кодтаиккой, уый сæ тынг уырныдта æмæ сын уыцы миниуджытæй се ’сфæлдисæг - цы бахай кодта, уымæ ма ноджы. сæхæдæг дæр æфтыд- той æмæ сæхицæй райгонд уыдысты. Æмæ сын уыцы ми- ,■ ниуджытыл адæм дæр сæ цæст æрæвæрдтой, фæлæ сæЛ(>; уый тыххæй дæр никæй зæрдæ айста. Цæст сæм не ^ ’фсæст кæсынæй, фæлæ сыл искæй зæрдæ никуы баузæ- , лыд æмæ сæм уый тыххæй цæстытæ дæр уыцы уазал æнг '/- гасæй кастысты. Лæппуйыл кæддæр пыррыччытæ чи коД-< > та, уыцы чызджытæй-иу ыл ныр исчи куьГ амбæлд, уæл- ^ дандæр та йæ рæсугъд усимæ уæвгæйæ, уæд-иу йæхи ио-;л джы нысхъæл кодта. Æнхъæлдта, зæгъгæ, ныр йæ цзес- ’’ ты фиутæ æмæ йæ зæрдæйы уидæгтæ бадон уыдзысты,. 176
фæлæ йыл уыдон раздæрау ныр дæр кæд кодтой пыррыч- чытæ. Сæ ахасты ницы фæивта æмæ уый лæппумæ хъыг каст, фæлæ йæхицæн ныфс æвæрдта: «Сæ фырхæлæг æмæ сæ фырмæстæй кæнынц афтæ». Ацы хабар йæ ус дæр кæддæрты фæхатыдта. Исдуг æй ницæмæ дардта, фæ- лæ кæддæрты фæзылд уыцы пыррыччытæгæнджытæм æмæ-иу кæд худтысты уыдонмæ кæсгæйæ, æмæ сæм æн- гуылдзæй амонгæйæ. Уæд иу хатт бафарста йæ лæджы: — Ацы маймулитæ та цæуыл чыр-чыр кæнынц? • — Кæйдæрты дзы мæ сынтæг басгарын фæндыд. Дæу бæсты мæ сынтæджы йæхи æруадзынмæ- йæ былы цъæрт- тæ чи хордта, ахæмтæ дзы уыд. Æз дзы мæ сæрмæ салам радтын дæр никуы никæмæн бахастон æмæ ныр масти- сæнтæ кæнынц, — афсон кæнынмæ хъавыд, фæлæ уый дæр йæхиау хæйрæджы сфæлдисæггаг уыд æмæ нæ уыд афтæ æнцон афæливæн. — Сæ ахасты ахæм æнгас нæ зыны. Æгæр сæрыстыр худт кæнынц, — йе ’уæхсчытæ-иу фелхъив-фелхъив код- та ус. — Цæй, ныр уыцы маймулигæндтæ уый аккаг сты, æмæ мах сæ кой кæнæм? — йæ къух-иу ауыгъта лæг. — Уадз æмæ худæнт. Уый дæр сæ ныууагъта. Фæлæ хæйрæджы кой калак-хъæуы арæхæй-арæхдæр цæуын кæй байдыдта, уый хуыцауысконд адæмы зæр- дæмæ тынг нæ цыд. Ноджы, авд азы афæдзæн лæппу куы ардта уыцы хæйрæджы рафæлдисæггаг, уæд-иу адæм иу ран кæнæ иннæ ран фæкодтой: — Ацы хæйрæджы байзæддаг куы байрæзой æмæ сæ- хийау хæйрæджыты сконд куы рацæуой, уæд нын нæ уæзгуытæ сæхи бакæндзысты. Сæ тас дзæгъæлы нæ уыдис. Куыд хъомыл кодтой уыцы хæйрæджыты зæйц, афтæ фыдахинæй-фыдахин- дæр- кодтой. Сæ тæсæй хъæуы се ’мцахъхъæн чызджы- тæ æмæ лæппутæй уынгмæ ракæсын ничиуал уæндыд. Сывæллæтты ныййарджытæ сын сæ мад æмæ сæ фы- Дæн дзырдтой, хатджытæ сæм æрвыстой, фæлæ марадз зæгъ! Адæймагау хъусгæ дæр никуы никæмæ бакодтой. Ноджы ма сын стæм лæппу дæр куы райгуырд, уæд адæм бынтон катайыл систы. Тæрхæттæ кодтой, кæнæ, Дам, сæ сусæгæй фæцæгъдæм, науæд та рагацау искæ- Дзем фæлидзæм. Фæлæ сын нæмадæр иу саразын бан- тыст, нæмадæр иннæ, афтæмæй байрæзт кæсдæр лæппу ^Р, фæлæ уымæ ницыдæр йæ ныййарджытæй уыд, ни- 12 Къæбысты 3. 177
цыдæр йæ хисдæр æфсымæртæй. Чысыл æдылыдзæф- æмæ рæуæггонд рауад. Йе ’фсымæртимæ нæдæр хъазгæ- кодта, нæдæр семæ искæдæм цыд. Куыддæр-иу æрбабоц ис, афтæ-иу кæрдзын йæ дæларм акодта æмæ та-иу хъæ- уы сывæллæтты ’хсæн бамидæг. Семæ хъазыд, кæрдзын дæр уыдонимæ хордта. Цыбырдзырдæй, нæ сæ хицæн кодта æмæ йæ уый тыххæй нæ уарзтой сæ хæдзарвæн- даг, фæлæ йæ æппаргæ дæр кæм акодтаиккой? Куыд хисдæрæй ус курынхъом фесты лæппутæ æмæ- сæхи хъæуы чызджытæм райдыдтой кæсын, æвзæрстой. дзы сæхицæн къайæгтæ, фæлæ та сæм фæзынд се сфæл- дисæг æмæ сын нæ уагъта хуьщауысконд адæмæй ус ракурын. Ницы-мацæмæйты та-иу сын сæ фыццаг фæ- кодта йæхи сфæлдисæггаг сылыстæг. Фæлæ цыдæр хуыцауы æлгъыст фесты æмæ дзы йæ-' куырд усы хæдзармæ æркæнын никæмæн æнтыст. Аныр сом, иннæбон чындзæхсæв, афтæ та-иу лæппуйыл исты фыдбылыз сæмбæлд, науæд та-иу чындзæхсæвы фæстæ- æмуатон нæма æристы, афтæ-иу... Мад æмæ фыд куыдтой, дзынæзтой. Сæ уæзæг уæ-' зæгуат кæй кæндзæн, ууыл уыд сæ иууыл стырдæр ка- тай. Уæд иу хатт, æвдæм лæппуйæн ус куы хъуамæ* ракуырдтаиккой, уæд дæсны бафарстой æмæ сын уый хуыцауы амындæй загъта, зæгъгæ, уæхи хъæуккаг чызг ракурæт. Уыдон дæр афтæ бакодтой, æмæ сæм æрба- хауд хуыцауысконд адæмæй, фæлæ хæйрæг уæддæр йæ- гæрзтæ нæма æруагъта æмæ сын зæнæг рацæуыны бэр- хъомыс нæ лæвæрдта. Уый уынгæйæ, ныййарджытæ но- джы тынгдæр зæрдæниз райстой æмæ ацыдысты сæ- хисдæр лæппутæм. Æгас нæргæ уæзæгæй ма баззадыс- ты æртæйæ. Æниу, цæй æртæ? Се ’ркæнæггаг сын сæ^ уæзæгыл йæ туджы æртах куы нæ байтауа, сæ уæзæг- ыл ын мардæй дæр æмæ дзуарæй дæр хай куы нæ уа, уæд уыцы уæзæджы хицауыл нымад нæ цæуы æмæ йæм йæхæдæг дæр йæ гæрзтæ нæ баста. Афтæмæй ма баз- задысты дыууæйæ: усы дзæдæл лæг æмæ йæ кæсдæр, • зондцух æфсымæр. Фæлæ та рацæй-рабон æмæ ацы ус, дæр идæдзæй аззад. Иу бон суг ласынмæ уыд хъæды. Бæлас ыл рафæлдæхт æмæ... Куы йæ бавæрдтой, уæд ус дзырдта йæ ныййарджытæн, акæнут мæ, зæгъгæ. хæ- дзармæ. Ацы зондцухимæ куыд цæрдзынæн? Фæлæ йæ уыдон дзурын не ’суагътой. Нырма, зæгъгæ, уæзæджы ном хæссы ацы уæзæг æмæ йæ афтæмæй ныууадзын хуыцаумæ дæр раст нæ фæкæсдæн. Дæ сæрыхицауы 178
афæдзы бонмæ бабыхс, стæй исты хостæ кæндзыстæм. Уæдмæ та дæм нæ хъус дардзыстæм. Байхъуыста сæм чызг дæр. Райдыдта цæрын йæ зондцух тиуимæ. Цæры æмæ йыл дис æфты: айхуызæн хуыцауысконд лæппуйы зондцух цæмæн хуыдтой йæ ныййарджытæ, зæгъгæ. Диссаг уыд уымæ кæсын. Уæдæ йæ дзыхы рæвдыд ныхас, уæдæ йæ фезмæлд, уæдæ йæ ми баконд! Ус-иу райсом стгæ дæр нæма скодта, афтæ- мæй-иу лæппу хæдзары митæн сæ фылдæр конд фæ- цис. Ацы хабармæ кастысты хъæубæстæ, уыдтой йæ чызджы ныййарджытæ дæр æмæ... Кæмæдæрты дзы йæ зæрдæ афтæ сдзырдта, зæгъгæ, ацы хуыцауысконд адæ- мæй ацы уæзæгыл цот куы рацæуид, уæд уæзæг дæр уæзæгæй баззаид æмæ хъæубæстæн дæр, чи сыл сфи- дауид, ахæм адæм суаиккой... Ацы хъуыды нырма ал- кæмæн йæхи зæрдæйы сæвзæрд, стæй сын кæрæдзимæ дæр фæхæццæ æмæ... — Æмæ баиу сты? — зæронды афарста Цуца. — Баиу сты, мæ чызг, æмæ сын диссаджы хорз цот рацыд кæмдæр. — Саубон мыл, йæ тиуæй смой кодта? — бадис код- та Цуца. — Рæстæг хатт йæхæдæг бацамоны адæмæн, цы æмæ сæ куыд аразын хъæуы, уый. Хъысмæты фæндæй цæуы алцы дæр æмæ йæ ныхмæ лæууæн нæй... * * * Аргъауы хабæрттæ æмæ царды цаутæ цыдæргъуызон сæмтъер сты Цуцайы зонды, йæ сæры магъзы. Чи дзы раздæр кæнæ фæетæдæр уыдис, чи дзы кæцæй райдыд- та æмæ кæдæм фæхæццæ ис, æви райдыдта, фæлæ кæ- дæм фæцæудзæн, уымæн ницыуал бæрæг ахсы йæ хъуыды. Цыдæргъуызон уыцыиу фæйлыд скодтой, кæм- дæриддæр хабæрттæ æмæ цаутæ æрцыдис, уыдон. Зил- гæ дымгæ уынгты кæй рауидзы æмæ уыцыиу хæццæ къуыбылой кæй фестын кæны, уыцы бырæттау ныз- зылдысты, æмæ дзы чи кæм абадт, йæ бынат дзы æцæ- гæй кæмæн кæм уыд æмæ ныр цыран фестад, уый нал ахсы, нал æй æмбары. Æмæ йæ фæнды, æппæт дæр лыстæггай куы равзарид, йæ мид-зæрдæйы сæ æвзари- наг мæнæуы армыдзагау куы ’ркалид æмæ сæ арæхст- гай куы ахицæнтæ кæнид, уый, фæлæ йе онгыл пъæз- ,179
зы цыма ныббадт. Хъуыды æмæ онг уыцы æмæндзыг ба- исты. Ноджы йæ гобан йæхимæ уыцы æхцон хъармæй æрæлвæста. Хъæццул ын йе ’уæнгтыл æнгомдæр æрæн- цад æмæ цыма цардæн йæ сæфтæгæй йæ цæфхады ’хсæн бацъист, уыйау ницыуал бамбæрста... Æниу, æмба- рынхъом уыдис. Куыд нæ уыдис æмбарынхъом та? Фæ- лæ ныр цардæн йæ сæфтæгæй йæ цæфхады ’хсæн нал уыд. Уыцы дзæбæх сæрибарæй сулæфыд. Ницыдæр ын йæ хъуыдымæ ныхылдта, ницыдæр йæ зæрдæмæ.1.. Бады иу цъæх нæууыл. Хур бон у. Рæстæг цафон у, уый нæ хаты. Райсом у æви фæссихор, æмбисбон у æви фæса- ходæн, уымæн ницы зоны. Æнæуый йæ цыма цæмæндæр- гæсгæ фæнды йæ базонын. Куы йæ базонид, уый йæ цыма фæнды, фæлæ йæ цæуылнæ бæрæг кæны, уымæн ницы ахсы йæ хъуыды. Стæй йæм кæцæйдæр æрба- дзырдæуыд: «Ныртæккæ рæстæджы бæрц æмбисбонтæ æмæ фæ- саходæнтыл дихгæнгæ нæу, мæ хур». «Уæдæ куыд у?» — дзурæджы хъæлæс æм цыдæр зонгæ, тынг зонгæ æмæ йæм æхцон фæкаст дзурæджы хъæлæс æмæ йæ’ афарста. Ноджы ма куы сдзурид, кæ- цæй йæм дзуры, уый куы базонид æмæ йæ куы фенид, уый йæ фæнды æмæ йæ афарста. «Ныртæккæ, ома мæнæ ацы уысм нæ, фæлæ дуджы ныртæккæйæ зæгъын. О, æмæ ныртæккæ æхсæв æмæ бон кæрæдзи мидæг æддаг-мидæг ауадысты. Хур æрлæууыд иу ран. Налдæр размæ цæуы, налдæр фæстæмæ...» «Æмæ, уæдæ. ныр рæстæджы æмгъуыд куыд баргæ у?» — уæддæр æм йæхи не ’вдисы æмæ тыхсы, мæгуыр, Цуца. «Уæзæг цæмæй уæзæгуат ма суа, райгуырæн бæстæ цæмæй райгуырæн бæстæуат ма суа, адæмы фарн цæ- мæй рох фынау зын æрымысæн ма суа, фæлæ се ’гас дæр иумæ уыцы æмдзæхтонæй цæрой æмæ цæуой, уый тыххæй цас саразæм, уымæй баргæ у ныртæккæ рæстæ- джы æмгъуыд», — цыдæр суйтæ дзуапп ын радта уыцы хъæлæс, фæлæ йæ ныр бæрæгæй равзæрста. Дзурæг чи уыд, уый базыдта æмæ йæ дзуапп суйтæ кæй уыд, ууыл дæр нал æрмæт кодта. Ныр æппæт суйтæ æмæ зынæм- барæнтæ дæр æнцонæй кæй райхалдзæн, ахæм ныфс дзы бацыд уыцы дзæбæх æхцон хъæлæсы фæрцы æмæ ницæуылуал мæт кодта. Æрмæст ма йæ иу хъуыддаг æндæвта æмæ йæ загъта: «Уый Газан куы дæ, уæд мæ дæхи цæмæн æмбæхсыс? 180
Мыййаг ма гыццыл сывæллæттæ стæм æмæ куырмæм- бæхстытæй хъазæм?» «Адæм стырæй дæр арæх фæхъазынц куырмæмбæх- стытæй, мæ хур. Хъазты алы хабар дæр у цард æмæ, царды алы хабар дæр у хъазт, уый дæ рох ма уæд, мæ хур, фæлæ дæ æз мæхи куы нæ æмбæхсын. Мæнæ иумæ куы стæм. Иумæ цæуæм æртæйæ...» «Æмæ кæдæм цæуæм? Хæццæ куы никæдæм кæнæм, уæд цы у нæ цыды сæр?» «Дæ фарн æй куы зæгъид, — ацы ныхæстæ ахæм хуы- зы загъта Газан, цыма’ цæмæ бæллыдис. уымæй стыр- дæр, уымæй зынаргъдæр царды ницы ис æмæ къухы йæ бафтынта у тынг зын. — Дæ фарн æй куы зæгъид, мæ хур, — дзырдта дарддæр. — Ды дæхæдæг дæр, кæ- уыл цæуæм, кæй агурæм æртæйæ дæр, кæмæн тæрсæм фесæфынæй æмæ зындзинæдтæ дæр кæй сæрвæлтау сæттæм, ды дæхæдæг дæр уый хуызæн дæ, æмæ йæ дæ фарн куы зæгъид. Уырдыгæй нæ цæуын æмæ хæццæ кæнын куы никуыдæм хъæуид, стæй-иу куы бахъæуа, уæддæр-иу рæхджы æмæ тыхджынæй, лæгау-лæгыл куыд æмбæлы, афтæмæй куы фæхæццæ уаиккам, не ’ргом здæхт кæмæ у, нæ хъуыды, нæ бæллиц нæ кæдæм хæс- сы, уырдæм, æмæ та-иу стæй фæстæмæ æвыдæй куы ’рыздæхиккам, нæ къах нæ зынæй кæцæй рахæссы, мæ- нæ ныр мах æртæйæ кæуыл цæуæм, цæмæй нын дзы нæ хай уа, ууыл кæй тыххæй хъуыды кæнæм, уырдæм...» «Зын< æмбарæн сты дæ ныхæстæ, Газан. — стыхст ус уыцы хæццæ ныхæстæй æмæ йь;н йæ дзырд фескъуыд- та. — Кæуыл цæуæм, цы агурæм, науæд ма æртыккаг немæ чи ис; уый æз куы нæ хатын». «Кæй агурæм æмæ кæуыл цæуæм, уый нæ уæзæг уу фæлæ æртыккаг немæ чи ис, уый куыд нæ хатыс, куыд нæ йæ уыныс? Æз æй дардæй хæстæгмæ куы хатын æмæ куы уынын, уæд æй ды хæстæгæй хæстæгмæ куыд нæ уыныс?» «Ноджы та дæлгоммæ ныхас, арвистон дзуапп, — ныр ын уайдзæф æнгас ныхас загъта Цуца. — Цы да- вынц ^дардæй хæстæгмæ æмæ хæстæгæй хæстæгмæ? Мæ- нæ иу ран куы стæм нæ дыууæ дæр, уæд ма ахæм ны-. хæстæ цæмæн кæныс? Æз дæ дзæбæх уынын. Мæнæ дын дæ къухыл куы хæцын, уæд ма цавæр дардæй хæстæгмæ сты?» «Æмæ, уæдæ, дыууæйæ дæр кæй къухыл хæцæм, кæ- уыл цæуæм æмæ кæй агурæм, уый дыууæйæ дæр кæ- 181
мæн фæдзæхсæм, уымæн йæ къутыл куы хæцæм, уæд уый цæуылнæ уыныс?» — йæхи хуызæн уайдзæф æнгас дзуапп ын радта Газан дæр. Цуца фефсæрмы ис. Æр- каст се ’хсæнмæ æмæ дзы кæд уыдис къаннæг лæппу, сæхи лæппу, сæхи хъæбул. Хæцыдысты йын йæ фæйнæ къухыл æмæ афтæмæй цыдысты. Цыдысты цавæрдæр къуылдымтыл, стæй та-иу æрхызтысты уыцы къуыл- дымтæн сæ рæбынтæм. Ацыдысты-иу уым дæлæмæ уыцы ^лæгъз атагъайыл, стæй та-иу фæстæмæ уыцы къуыл- дымты рæбынтæм æрбацыдысты. Фæлæ кæуылты цы- дысты, уыдон,' уыцы къуылдымтæ æмæ атагъа кæд уы- дысты фæлмæн, къахы бын адæймаджы буары ад код- той. Уый диссаг фæкаст Цуцамæ æмæ дзы Газаны афар- ста. Уый йæ мидбылты бахудти. «Бирæ цыдæртæ нæма зоныс, мæ хур, — йæ афтид армæй йыы йæ сæры хил æнæныдзæвгæйæ æрлæгъз кодта. —Æркæс ма дзæбæх, æркæс. Кæм стæм æмæ цы бынæтты цæуæм, уымæ ма дзæбæх æркæс». Æмæ Цуца æцæгæй æркаст. Æркаст æмæ фырдисæй йе ’уæнгтæ ауазал сты: «Уый мæхи риуыл, уый мæхи сывæрыл куы цæуæм, уæд ай цы хабар у? — ныддис кодта йæхинымæры. — Адæймаг йæ къæхтæй йæхи буарыл цæуа, уый ма дзы никуы федтон æмæ фехъуыстон». «Цы хабар у уый, Газан?» — афарста йæ тарстгъуы- зæй. «Уый уæзæг у, мæ хур, — Газан йæ риумæ æрбал- х-ьывта Цуцайы. — Уый уæзæг у, мæ хур, æмæ, куы ба- хъæуы, уæд уæзæг йæ къæхтæй йæхи риуыл фæцæуы æмæ фæагуры, йæ уæзæгдзинад хуыздæр куыд бавæра, ахæм амæлттæ». «Æмæ нæ саби та цы фæцис?» — батыхст ус, йæ армы мидæг сабийы къух куынæуал уыдис, уæд. «Уый уым ис, — йæ æнгуылдзæй Цуцайы зæрдæйы бынмæ ацамыдта Газан. — Уый у уæзæг, уæзæджы фарн æмæ йыл нырма кæм уæвын æмбæлы, уым ис. Æр- мæст...» — Уыцы лæгъзтæгъуызæй ма иу хатт ныккаст Цуцайы цæстытæм, йæ зæрдæ цы ран ис, уый бынмæ, стæй... Нал æй ауыдта Цуца. Чидæр ын цыма йæ фарс фелхыскъ кодта, уыйау ын фæрыст æмæ фехъал ис... — Цыдæр фынтæ уыдтай, мæ хур, — хатæны астæу лæууыд Саучызг. Йæ кæлмæрзæн баста, афтæмæй йæм дзырдта. — Дзæбæх фынтæ цыма уыдтай, афтæ мæм фæкаст æмæ дæ мæ цæст райхъал кæнын нæ бауарзта, 182
науæд раджы сбон ис. Адæм сæ хъом аздæхтой сæрвæт- мæ, махæн та нырма нæ хъуццытæ дыгъд дæр не сты. — Мæрдвынæй мыл куыд бафтыд, — сæнт стад фæ- кодта Цуца. — Адæм цы зæгъдзысты? Зæгъдзысты, ацы хæдзары хицау нырма иу æхсæвæй фылдæр нæ фæцис æддæ, афтæмæй сæ хæдзарæй фæздæг нал скалд. — Адæмы уадз сæ адыл, — цыма æцæгæй адæмы кой нæ кодта Цуца, фæлæ цавæрдæр æнæфтиаг рафæлди- сæггæгтыл дзырдта, ахæм хуызы йæ къух ауыгъта Сау- чызг. — Мах нæ дыууæ дæр, цы стæм, уымæй хъуамæ - авд ахæм тыхджындæр нæхи скæнæм, цæмæй нæ уæзæ- гæй фæздæг дæр кæла æмæ дзы уæзæджы тæф дæр цæ- - уы. Уый та агургæ никæмæ кæндзыстæм. Нæхæдæг æй нæхимæ ардзыстæм. # * * Цуца йæ къæхтæ рог иста, фæлæ уыцы тагъд цыды дæр бæрæгæй зынд, тынг зивæгæй кæй цæуы, уый. Иæ къæхты йын зонд исын кодта афтæ тагъд. Райсомы зылдтытæн кæй байрæджы ис, нырмæ сæ хъуг дыгъ;. кæй нæу æмæ хъæуы хъомимæ сæрваты кæй нæй, уый стыр æгуыдзæгдзинад у. Æмæ æгасæй иу æхсæвы раз- мæ æрцæугæ хабар хæдзарыл, уæзæгыл афтæ тынг кæй фæзынд, уый канд хъæубæстæ нæ, фæлæ ма хъомтæ дæр базондзысты. Чи зоны, адæмы ’хсæн куыд у, фосы ’хсæн. дæр афтæ у. Чи зоны, уыдон æхсæн дæр ис, иу кæнæ иннæ хъуг хæлардæр кæима^ у, йæ зæрдæбын ны- хæстæ фосы æвзагыл, иннæты хъуаджы кæмæн радзу- ры, ахæм хæлæрттæ. Чи зоны, йæ хъугæн дæр ис хъæ- уы хъуццыты ’хсæн, уæлдай æргомзæрдæдæр кæимæ у, ахæм. Кæд æм афонмæ, мыййаг, æнхъæлмæ кæсы, кæд, мыййаг, кæрдæджыты дзæбæхтæ æвзары æмæ сæ йæ цæст иунæгæй бахæрын нæ уарзы, æвæры сæ, йæ хæ- лар æмгар кæд фæзындзæн, уæдмæ. Æмæ афтæ æрæг- мæ куы зына, уæд æм йæ зæрдæ куыд нæ фехсайдзæн? Куыд нæ йæ бафæрсдзæн, нырмæ кæм уыд, уымæй? Хъуг æнæмæнг радзурдзæн, сæ хæдзарыл цы фыд æр- цыд, уый. Нæ басусæг кæндзæн, уыцы’ фыд йæ тæккæ фæзындæй хæдзары æфсины кæй бандзыг кодта æмæ сæ хæдзары фынæй кæнын дæр кæй нал уæнды, уый. Æмæ уæд æгас хъæуы хъомыл айхъуысдзæн хабар. Худ- Дзысты йыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы æмрæнхъ 183
ыл хъомтæ дæр худдзысты, уымæн æмæ уыцы хъомтæй уыдон разæй бирæты хæдзармæ фæзынд уыцы фыд, фæлæ уыдонæй нырма райсом æнæдыгъд никуы ничи баззад, йæ дуцæг дзы йæ хæдзарæй никæмæн-ма фæ- лыгъд... Ацы хабæрттæ йæ зондæй æнкъардта ус æмæ йæ уый тагъд кодта, тындзын æй кодта, фæлæ зæрдæ та ’ фæстæмæ хæцыд. «Мыййаг, уæдта ахæмтæй исты, уæд мæ бон бауы- дзæн йæ бауромын, нæ аскъуыйдзынæн?»—афтæ хъи- зæмар кодта зæрдæ, фæлæ уыцы «ахæмæй исты» цы хъуамæ уыдаид, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Нæ йæ зыдта, фæлæ усы рохтыл фæстæмæ хæцыд æмæ зивæ- гæй кæй цыд, уый йыл дзæбæх зынд. Уæддæр æрбахæццæ ис кæрты дуары размæ. Дуар мидæгæй уыд æхгæд, фæлæ йын йæ бакæнын зоны æмæ йæм аныр бавнала, афтæ та йæ зæрдæ сæлхысчъытæ кодта. Къух фæстæмæ æрхауд. Уынгты йæ цæст ахаста. Саучыджы тыхæй кæй нæ ракодта йемæ, ууыл фæфæс- мон кодта, фæлæ уый дæр ныффæрск. Ноджы йыл сбуцтæ кодта, мыййаг, дам, дысон бирæгътæ бацардыс- ты дæ хæдзары? Цæмæй, дам, тæрсыс? Æмæ иыр æр- фæсмон кодта, иунæгæй йæ ныфс кæй рахаста, уый тых- хæй. Фæлæ йын ныр ницыуал гæнæн уыд. Хур арвыл дзæв- гар суад æмæ йын уый дæр йæ цæстмæ дардта йæ æг- уыдзæгдзинад. Нал ын уыд гæнæн æмæ кæрты дуар фегом кодта, фæлæ йæм ныр та хæдзары дуарæй барт- * ’ хъирæн кодта йæ зæрдæ. Уый, дам, куы бакæнай, митæ дæм уæд уыдзæнис, зæгъгæ. Æмæ кæрты дуарæй куы фæмидæгæй ис, уæд йæ цæст андæгъд, йæ зæрдæ кæ- мæй барухс æмæ йæ зонд кæмæй бабуц, ахæм нывыл: хъугдуцæн ведра кæд ауыгъд уыдис мæнгагъуысты ра- гъæныл. — Мæ уд йæ фæхъхъау, уым мын æй цы ацауын- дзын кодта дысон, уымæн, — сдзырдта цыдæр цингъуы- зæй. — Хъуг æмæ уал кæрчыты куы бабæстон кæнон,. уæд иннæ зылдтытыл ницы уадиссаг тыхсын». Хъуг æнкъардгъуызæй лæууыд скъæты иу къуымы. , Лæууыд сæргуыбырæй, сынæр нæ цагъта, афтæмæй. Дуар куы ’рбайгом, уæд, иннæ хæттытау, йæ сæр нæ фæхъил кодта æмæ цингъуызæй нæ бауасыд. Уыцы ба- \ уаст ын Цуца кæддæриддæр иста райсом хорзы арфæ- мæ.1 Куыд-иу дзы фæбузныг ис! Куыд-иу дзы барухс ис йæ зæрдæ! 184
Ацы хатт дæр разылдта йæ сæр. Ракаст æм. Фæлæ ныр йæ цæстæнгас уыд мæцъæл æмæ æрхæндæг. Сæр разылдта уыцы бынозты. Уасгæ дæр нæ бакодта. Ра- зылдта йæ сæр æмæ йæ уайтагъд фæстæмæ азылдта. Цыма йын хъыг уыд Цуцайы æрбацыд, уый зылд æй акодта. Стæй усмæ афтæ фæкаст, цыма йын раздæр кæм уыд, уым дæр æй нæ ныууагъта, фæлæ йæ ноджы фалдæрмæ азылдта. Уый ноджы ,зындæр уыд Цуцайæн, Уый йæм уæлдай стырдæр уайдзæфы хуызæн фæкаст æмæ хъугмæ хæстæг бацæуын нал бауæндыд. Фæтарст дзы. Фæтарст дзы æмæ къæсæргæрон лæугæйæ аззад. Цьг бакæна, ууыл хъуыды кодта æмæ куынæуал змæ- лыд, уæд хъуг йæхæдæг базмæлыд æмæ арф ныуулæ- фыд. Уымæй феуæгъд сты Цуцайы уæнгтæ. Бацыд хъугмæ хæстæг. Йæ синтыл ын йæ арм æрæвæрдта, фæ- лæ йын æй хъуг йæ къæдзилæй асхуыста. Асхуыста йын æй æмæ усмæ афтæ фæкаст, цыма йын афтæ дзу- ры: «Æрдуц деттæ, кæд дуцыс, уæд. Ахæм тæппудæн мæ йæ узæлд дæр ницæмæн хъæуы æмæ йæхæдæг дæр. Мæн ам иунæгæй ныууагъта æмæ Саучызджы дæлвæч- чи йæхи бафснайдта. Æмæ ацы хæдзарыл исты фыд куы цыдаид, уæд æз тæригъæд нæ уыдтæн? Дыууæйæ нын æнцондæр нæ уыдаид йæ ныхмæ фæлæууын?» — Никуыуал дæ ныууадздзынæн иунæгæй, — куыд- та, афтæмæй дзырдта ус. — Ацы хатт мын ныххатыр кæн. Ахæм дудгæбæттыл ахуыр нæ дæн æмæ куыддæр фæтыхстæн. Ныххатыр мын кæн. Мæ зонд куыддæр бандзыг дысон æмæ мæм ницыуал хъардта. Ныххатыр мын кæн~. Хъугæн йæ дымст фæздон куы æрафтид ис, уæд йæ уд æрцыд. Фенцондæр ын ис æмæ усырдæм йæ сæр бузныджы зылд ракодта. Æмæ усæн дæр барухс ис йæ зæрдæ. Байхъуыста йæм йæ дзæбæх, æмбаргæ хъуг. Бамбæрста йын йæ зæрдæйы уаг æмæ йын ныххатыр кодта. Цы ма уа хуыздæр? Ныр цыма, цахæмфæнды зыны дæр йæ фарсмæ æмсæр адæймагау чи æрлæу- дзæн, йæ хæдзары ахæм иузæрдион æмбал ссардта, аф- тæ фæныфсджын ис æмæ хæдзармæ бацæуынæй дæр нал тарст. Разылд къуымты. Æцæг ыл дзы узæлгæ ницы бакодта. Мигæнæнтæ иууылдæр уыдысты æрхæндæг, æнкъард. Фæлæ сын, ус цыма, æмбæрста сæ уды конд, Уыйау семæ ныхас кодта æмæ дзы алкæмæн дæр ныф- сытæ æвæрдта... Саучызг æнхъæл уыдис, зæгъгæ, Цуца йæ куыстытæ 185
талф-тулфты акæндзæн. Æрдæг митæй сæ фæуадздзæн земæ ардæм фæстæмæ æрбалидздзæн. Æппындæр нæ дызæрдыг кодта ууыл. Ахæм хуызæнæй ацыд, æмæ уый уым, йæ хæдзары, иу уысм дæр уæлдай бафæстиат уы- дзæн, зæгъгæ, уый æнхъæл нæ уыд. Куыд дзы хъуамæ бафæраза, кæрты дуарæй мидæмæ бахизыныл мæрдты джитæнтæ чи -кодта, уыцы сылгоймаг? Æмæ уый ныф- сæй йæхицæн аходæн дæр не скодта. Мæнæ ныртæккæ фездæхдзæн, зæгъгæ. Иумæ скæндзыстæм хæринаг ■æмæ.., Р1æ лæджы ацыдæй афтæ кæй фæсæццæ ис, уый ма Саучызгæн æхсызгон дæр уыд. Фæстаг рæстæджы йæ зæрдæмæ нал цыд Газан. Æгæр сæмдзæхтон ис хъæ- уы мæлинæгтимæ. Мыййаг æй бынтондæр сæхирдæм куы аздахой, сæхи джиппы йæ куы ауадзой æмæ уæзæджы царды нукæй куы фæиртæса, сæ уæзæджы гакккæуыл нæ уа, ахæм кæсдæртæ дзы куы рахъомыл уа æмæ Дзылыты уæзæг бæрæг куы ницæмæйуал дара, уымæй тарст æмæ, æгайтма, хъуыддæгтæ афтæ рацыдысты Сылгоймаг йæхи фæлгæтмæ æрбахауд. Ныр æй йæхи куыройы æрысдзæн. Афтæ йæ æрысдзæн йæ куыройы -æмæ йын йе ’ссад Тыны хъæуы адæмы нумиаг ссади- мæ цæдджинаджы бæгæныйаг задыесады фых куы фæ-. кæной, уæддæр семæ куыд нæ схæццæ уа. Лæппуйæн дæр кæд уыцы хæст йæ зондахаст фæивид. Уæдæ дзы .æппын ницæуыл сахуыр уыдзæн? «Æ, йæ нывонд фон мæхи лæппуйæн, — кæроны- рдæм та йæ хъуыдытæ йæхи лæппуйыл æрæнцадысты. — Хуыга мын бæргæ рахаста йæ мыггаджы туг. Бæргæ йæм никуыцæй ницы фæхæццæ ис, фæлæ мын уымæн та рæстæгыл бинонты кой бакæнын нæ бантыст, науæд уымæн бæргæ схъомыл кодтаин, Дзылыты уæзæджы фарн йе уæнгты йæ тугау кæмæн хъазыдаид, ахæм кæс- дæртæ. Уый фæрцы бæргæ æнæмæт, æнæзæрдæхудтæй бацыдаин ауæзæджы дзæнæтон цæрæнуатмæ, фæлæ мын рæстæгыл не ’ртасыд, нæ байхъуыста мæ зондмæ. Фæлæ, табу дунескæнæгæн. Кæд мын æвыдæй зынид рæхджы, уæд æй иу къуыри дæр нал ныууадздзынæн .æнæбинонтæ. Дыууæ хæдзарæй ма кæд исты сæнди- дзиккой. Кæд ма дзы исты уæзæгæнгасæй разгъæлид...» — ахæм сагъæстæ кодта Саучызг. Йæ митæ куы акод- та1, уæд асины къæпхæныл æрбадт æмæ ахæм сагъæс- тæ кодта, афтæмæй æнхъæлмæ каст Цуцайы æрбацыд- мæ. 186
Æниу, йæхæдæг цы хур федта Дзылыты уæзæгыл? Цы сын йæхи мары сæ уæзæджы фарны сæрвæлтау? Уымæй æндæр сын, сæ уæзæджы гаккæй ма цы баззад, уыдон иууылдæр скуынæг кæнид, фæлæ... «Уæддæр уыдон номыл батыдтон мæ царды хуыздæр бонтæ, — йæхицæн ахæм ныфсытæ авæры. — Уыдон уæзæджы номыл фæбадтæн æмæ мын мæ сæрбахъуы- ды рæстæджы кæм нæ разынд æндæрæрдыгæй фарс фæхæцæг, уым ма мæ зæрондæй йæхиуыл чи баныхас- дзæн? Чи ма мæ рахондзæн йæхи? Иугæр ам дæн, уæд та цæйдæр номыл хъуамæ цæрон. Уæд та, кæйдæр зæ- рæсдон хуымау, дурæппарæн хъуамæ ма скæнон, кæй ном хæссын, уыдон уæзæг. Хъуамæ цæра уыцы уæзæг йæхи цардæй, цæмæй#ма дзы æз дæр цæрон. Иæ царды цалх чысылдæр куы фæцуда, уæд уым мæнæн цард нал ис. Æндæртимæ, æндæргъуызон нал сарæхсдзынæн æз...» «Дæ хъуыдытæ куы фергом вæййынц, зæронд,— фæныхылдта та йæм йæ мидæнкъарæн, — уæд дæ уд дæ армы дзыхъхъы æвæрдау разыны. Ныр дæхи иунæ- джы хъысмæтыл куы сагъæс кæныс, уæд ма уæзæджы кой та цы радавыс? Хъæубæсты иумæйаг цардимæ æм- дзæхтон суæвынæн ницы фæрæз осардтай дæ цæргæ бонты. Раздæр дæр æм дæ бицъынæг никуы тыдтай. Уæддæр дæ фæсивæдмæ ласта дæхи уды иунæджы са- гъæс. Иунæг кæй уыдтæ, æндæр дæ ницы ласта фæси- вæдмæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд дын фæстæдæр дзæ- бæх фадат уыд. Дæ гыццыл сывæллонимæ куы бæззад- тæ, фæлæ дæ уды монц куы бандзыг, дæ удыконд, дæ буары монц дæ куы ницæуылуыл ардыдта, уæд цæмæн ’ сбадтæ æнцад? Цæуылнæуал тырныдтай уæд адæмы æхсæнмæ? Уымæн æмæ дæм афтæмæй æнцондæр каст Дæрын. Адæмы ’хсæн куы цæрай, уæд дæ сæ иумæйаг Цардæй хъæуы цæрын. Уый æнцон нæу æмæ дæу та зындзинæдтæ æвзарын нæ фæндыд. Ныр дæр уыцы зын- Дзинæдтæ æвзарынæй искæмæн тæригъæд кæныс, зæгъ- гæ, уый тыххæй нæ тауыс Цуцайы раз бæндæнтæ, .уый тьгххæй дын æнæуынон нæ фестад йæ лæг дæр. Дæхи уды м#т дæ ис. Адæмы иумæйаг царды куы нæ фыдæбон кæнис, Уьтй дæ фæнды, фæлæ бынтон иунæг уай, уый дæр дæ нэе фæнды. Демæ ма дæхийау адæмы цардæй исчитæ иппэердæй куы цæриккой æмæ дьтн дæ зæры бон куьт Х’ъæлдзæг кæниккой, куы дæ ирхæфсиккой, уый дæ Фæпды...» 187
— Уæдæ цы фæцис уыцы бындарæйзаинаг? — йае мидхъуыдытæй сфæлмæцыд зæронд æмæ растад йæ ба- дæнæй. Растад æмæ уынгмæ ахъахъхъæдта. Куы ничн дзы зынд, уæд араст Цуцайы агурæг,.. * * * ^ Хъæуы цыдæр ивындзинæдтæ кæй æрцыд, уый хаты Цуца. Кæцæйдæр йæ хъус ацахсы, нырмæ ахуыр кæ- уыл нæ уыд, ахæм уынæр-зæлтæ. Изæрдалынгтæ сæхи æруагътой хъæуыл. Сæрдыгон хъарм изæр фæллад уæнгтыл баузæлыд, æррæвдыдта сæ. Бæлæсты сыфтæр-' таэ сындæг сыбар-сыбур кæнынц. Æмæ уыцы сыбар-сыбур ало-лайы зарæджы ад кæны хъустæн, уæнгтæн. Сынтæг уыцы æнæад адджын у æмæ дзы адæймаджы фæндьг æрулæфын дæр, фæлидзын дæр. Уый та куыд у, — дис æфты Цуцайыл, — сынтæг ын адджын дæр у æмæ æнæ- ад дæр? Сынтæджы йæ æрулæфын дæр фæнды æмæ дзы искæдæм куы фæлидзид, уый дæр æй фæнды. Æмæ дис кæны Цуца. Куыд æй бамбара?.. Стæй йæ куыддæр фæхатыдта: фæллад уæнгтæн адджын у сынтæг æмæ сæ фæнды æрулæфын. Рыст зæрдæ агуры, нырмæ-иу йæ, комкоммæ йæхийау чи цавта, риуæй-риумæ кæимæ ны^ хас кодта, ацы сынтæг ын адджын кæй уынæрмæ хъус- гæйæ уыд, йæ уыцы æмбалы. Нал ын хъусы йе ’хцон уынæр æмæ йын адджын нал у ацы сынтæг. Нал ын у’ адджын æмæ дзы искæдæм куы фæлидзид, уый йæ фæнды, æмæ Цуца растад. Рабадт йæ сынтæджы æмæ æхсæвы тары кæдæмдæр кæсы йæ зæрдæйы цæстытæй., Уынгæ дзы ницы кæны, фæлæ уæддæр кæсы. Кæсы,. цæетытæ стыр диссаг фенын æнхъæл кæм сты, уыцы- рдæм. Æниу, диссаг дæр куыд нæ у? Адæм, Тыны хъæг уы адæм хъæлдзæг æмæ цардæфсæст куы уыдысты, сед иумиаг уæзæг-зæрдæ куы никуыдæм æхсайдта, уæд-иУ бон изæрмæ^хъæуæн йæ уынæр, йæ цардфыцыны уы- нæр никуы банымæг. Уыйхыгъд йе ’хсæвтæ, йæ ф^с' куысты изæртæ уыдысты сабыр. Кæд ма-иу искуы зе^. сæвы маргъ, науæд рæйынмондаг куыдз бахъыг дарД~ той æрдзы сабырдзинад, æндæр æм адæмæй ничи нь1* хылдта. Æмæ ныр акæс, дæ хорзæхæй! Хъæуæй хъæуы ху#' зæнæй куыницыуал аззад, уæзæг уæзæг кæй фæри^ 188
хуыйны, уæзæг йæ къæхтыл фидар кæй ныфсæй лæууы, уьты фæсивæд куы аивылдысты æмæ ныр хъæуы иу- *мпйаг зæрдæ æдзух тонгæ кæй мæтæй кæны, уыдон дзы куьшал сты æмæ хъæуыл æгуыппæгдзинад тынгдæр куы сфидауид, уыцы сæрдыгон изæр-æхсæвтæн сæ сау пæлæз гæппæлгай кæны кæйдæр фæндыры цагъд. Æр- дзы сабырдзинадæн йе ’хсæв хуыссæг лидзы кæйдæр къæрцц-æмдзæгъд, зарын æмæ худынмæ хъусынæй. Цуца рацыд балкъонмæ. Исдуг афтид мидæггаг хæ- доны рацæуинаг уыд. Чи мæ уыны, зæгъгæ, ацы мæй- дары. Æмæ суанг къæсæргæронмæ рахæццæ ис, дуары ричъимæ дæр бавнæлдта, фæлæ йын цавæрдæр мид- æнкъарæн бауайдзæф кодта: «Æддагон цæстæй куы хизыс дæхи, æхсæвы тар дын дæ гом буар кæй бамбæрздзæн, кæй дын æй ничи фен- дзæн, уымæй ныфс куы æвæрыс дæхицæн, уæд дæм ми- дæггагон цæст цæуылнæ ис нымады? Бынатыхицауæн æхсæв дæр бонау рухс кæй сты ацы къуымтæ, мæйда- Ры дæр дзы, цырагъы рухсмæ кæсæгау, алцы кæй уы- ны, уый цæуылнæ нымайыс?» Тынг фефсæрмы ис, мæгуыр, Цуца. Фездæхт фæс- тæмæ. Йæ халат кæм æвæрд уыд, уый дзæбæх зыдта. Акодта йæ йæ уæлæ. Иæ мид-зæрдæйы ма кæмæйдæр хатыр дæр ракуырдта, стæй рахызт балкъонмæ. Ардæм æм ноджы хуыздæр æрбайхъуыст фæсивæды хъæлдзæг хъæлаба. Ноджы тынгдæр бадис кодта: — О, æмæ ацы фыдбойнаджы хабарæй ацы хъæуы ну хæдзар- дæр æвыд куы нæ у, алкæмæй дæр дзы куы фæцыдис фæдисы бæлццон. Бирæтæй дзы дыгæйттæ æмæ фылдæртæ дæр куы фæцыд, уæд ма чи кæй фы- дæнæн сивтыгъта уыцы хъæлдзæгдзинад? Кæй зæрдæ- йæ ма сыфтыд’ искæй фыдæнæн йæхи маст?.. Æви... Кæд, мыййаг, сæ иумиаг зæрдæрыстæн уымæй хос кæ- пыпц? Æмæ уый цы хуызæн хос у? Мæнмæ æдзух кæ- уьш цæуы. Æз иунæгæй мæ къæсы куы аззайын, æхсæ- ПЬ1 тар мыл æдкъæс йæ сау пæлæз куы æруадзы, уæд мæм æдзух кæуын куы фæцæуы, уæд кæмæндæр куыд V йæ бон афтæ хъæлдзæг уæвын? Æви мæнæй хъау- Д>кы, уыдонæн дурæй сты сæ зæрдæтæ? Ницы бамбæрста ацы хабарæн иу хатт, дыккаг хатт, бпрæ хæттыты. Хатт-иу хъавгæ дæр акодта, бацæуон ^мæ сæм дæрддзæфæй бакæсон, зæгъгæ, фæлæ йæ пыфс никуы ахаста. Цы хъуыста, уый йæ æххæст уырн- Га^ дæр нæ кодта. Кæд, дам, мыййаг, мæ зæрдæйырды- 189
гæй цæуы уыцы хъæлæба. Кæд, дам, мыййаг, мæ зонд исты кодта, мæсæры магъз, дам, кæд, мыййаг, исты фæсахъат ис æмæ дзы цавæрдæр хæццæ уынæртæ зæ- лынц, ура’дзы кæнынц... Куыд фæнды уæд, уæддæр йæ- ныфс никуы ахаста æмæ та-иу уыцы дызæрдыг хъуы- дытимæ ныххуыссыд. Фæлæ йæ уыцы уынæр æгæр-æгæр куы тыхсын код.' та, уæд рахъавыд Саучызджы бафæрсынмæ. Уый æп-^ пæт дæр зоны æмæ йын райхалдзæн йæ зæрдæйы æл- хынцъ. Фæлæ та уымæ дæр исдуг йæ ныфс нæ бахаста: Ахæмæй исты, уæд ын æй йæхæдæг куыд нæ æркой кæ- нид? Нырмæйæ хъауджы хъæуы зæронд устытæ суадо-т ны цуры фылдæртæй кæй фæлæууынц, цыдæр тыхст ны- хас уыцы æмбæхст хъæлæсæй кæй фæкæнынц, уый дæр* ног хабар у хъæуы. Æмæ йын уый тыххæй загъта Сау- чызг: «Ацы дæлимонтæй ма зæронд сæрбос кæмæн ис, уы- дон сæ бауромынхъом нал сты. Нырмæ-иу с& лæппу- тæй, се ’рыгон тиутæй тæрсгæ дæр кодтой æмæ аргъуц. дæр. Ныр уæгъдидонæй агæпп ластой æмæ сын фæцис-' се ’взæгтæ дауыны фадат æмæ кæрæдзийыл, сæ цуры чи нæ вæййы, уыдоныл, хъæуы чызджытæ æмæ æрыгон ’ чындзытыл алы дам-думтæ мысынæн æмбырдтæ кæ- нынц ам. Дæхи сæ хиз, мæ чызг. Дæхи сæ хиз æмæ дæ- хъус дар, æндæра цы хабæрттæ æрцæуа’, æрыгон чьтн- дзытæн сæ лæгтæ куы æрæздæхой, чындздзон чызджы- тæн сæ мойæгтæ куы æрæздæхой, уæд. Ацы дæлимон- тæ сын уыйбæрц бæллæхтæ бацæттæ кæндзысты уæд- мæ, æмæ дзы кæрæдзийыл ничиуал фæхæцдзæн. Хъæу сæмтъер уыдзæн, алчи йæ усы нæмдзæн, сурдзæн æй> мардзæн æй, алчи йæ куырдуаты чызгыл уæлæхохтæ,, æнæууæнчытæ кæндзæн æмæ агурдзæн ног, кæмæй ни~ цыма айхъуыст, ахæм къайаг. Æз, чизоны, уæдмæ нал^ фæцæрон, фæлæ ма-иу ды кæс, æндæра дзы цы диссæг-1 тæ уа!..». Ахæм хуызы йын дзырдта, иу хатт донæй куы раз- дæхтысты æмæ Саучызг Цуцайы дæр сæ кæртмæ куы баздæхта абадынмæ, уæд, æмæ Цуцайæн йæ сæрЫ, хъуын барц слæууыд. Иæхæдæг дæр старст. Мыййаг, мыл, зæгъгæ, исты куы æрымысой æмæ, Газан куы æр- ц^еуа, уæд мыл æнæууæнчытæ куы кæна. Куы хылтз? кæна, уæд ма уый цæй цард уыдзæн махæн? — афт^ хъуыдытæ кодта æмæ йæм йæ ныфс нæ хаста бафæр^ 190
сынмæ. Ахæмæй исты куы уаид, уæд мын æй йæхæдæг куыд нæ æркой кæны, зæгъгæ. Зæронд ын æй нæ кой кодта æмæ йæ уæд иу изæр йæхæдæг бафарста. Иу изæр та йæ уыцы æнахуыр хъæлдзæг хъæлæба балкъонмæ куы расайдта, уæд йæ- хи нал баурæдта æмæ ацыд Саучызгмæ. «Кæд мыййаг, мæхи зæрдæйы фæдисы уынæр уа, уæддæр мын ьш уый хос бацамондзæн», — ахæм ныфс дзы авæрдта йæхи- цæн æмæ... Саучызг хуысгæ нæма кодта. Балкъоныл бадт йæ лæдзæджы æнцой. Уый Цуца æнæуый дæр зыдта. Дзырдта йын зæронд, æз, дам, фыццаг кæркуасæнмæ никуы схуыссын. Балкъоныл, дам, фæбадын æмæ дам- иу дын искуы зын куы уа, куы нæ, дам, фынæй кæнай, иу дын æрбацу æмæ иумæ баддзыстæм. Æмæ йæ зыд- та, фæлæ йæм уæддæр кæрты дуарæй бадзырдта: — Бадгæ ма кæныс, Саучызг? — Бадын, уæдæ æндæр цы саразон? — йæ бандон кæй бахъыс-хъыс кбдта, уымæй Цуца бамбæрста, змæл- гæ кæй скодта. Схызт Цуца асинтыл. Саучызг ын йæ фарсмæ аца- мыдта, — Ацы бандон иууылдæр мæ цуры æвæрд вæййы. Æз дæм алы æхсæв дæр æнхъæлмæ фæкæсын. Аныр. ауæд кæй æрбацæудзынæ, уый мæ фæуырны æмæ нын цæмæй талынджы бандон агуринаг ма фæуа, уый тых- хæй йæ рагацау æрцæттæ кæнын. — Бузныг, дæ лæггад ма дын цæмæй бафиддзынæн? — давæр лæггады кой скодта, уыцы бандон æрцæттæ ахæм стыр лæггадыл цæмæн банымадта Цуца, уьтй йæхæдæг лæр нæ базыдта, фæлæ йæ æнæуый загъта. Цæмæн æм Фенхъæлмæ кæсы æмæ йын цы зæгъдзæн, уый, дам, чи зоны, уыцы дзырдты фæрцы фергом уа. Фылдæр та чэсм, цы хъуыды йæ æрбахаста, уый тыххæй исты фе- хъусынмæ æнхъæлмæ каст æмæ йын кæд йæ зæрдæ ^нæхъуаджы алхæдта, уæддæр ыл нæ фæфæсмон кодта. — Лæггад дæр ныл бæргæ æмбæлы кæрæдзийæн, фæлæ ма кæй æвдæлы уымæ дæр? — йæхи бакъултæ кодта зæронд. — Бон-изæрмæ кусгæ, ацы цыбыр æхсæв та фæллад уæнгтæн баулæфыны фаг дæр нæ комы. Æн- Дзрр исты хъуыддагæн ма дзы лæг кæцæй цы ратона... «Уæдæ амæн йæ хъустыл никуыцæй ницы уынæр дæуы? — тарстгъуызæй йæхи афарста Цуца. —Уæдæ злчи дæр йе ’хсæв улæфыныл кæд хардз кæны, кæд 191
дзы æндæр хъуыддæгтæн ратоныны фаг никæмæнуал ницы аззайы, -уæд мæнæн мæ дызæрдыг дзæгъæлы у. Уæд уый æцæгæй у мæхи зæрдæйæ, мæхи сæры магъз- æи цæуæг уынæр’ æмæ уынгæджы фæдæн. Мыййаг мын* уыцы хабар куы фæхъæр уа. Мæ зонд кæй хæццæ кæны, уый мын исчи куы фæхата,- уæд мыл къуыппæн зарæг скæндзысты... Уæд мæ æцæгæй скæндзысты æнæад Га- занæн», — йæ зæрдæ ’ноджы тынгдæр срыст. Хъуама^, сыстадаид. Стгæ дæр сцæйкодта. Кæуын æм1 цыд æмæ хъуамæ ацыдаид сæхимæ. Ам ын кæуæн нæ уыд. Хъуа* мæ сæхимæ фæкуыдтаид йæ кæуинаг сæрыл æмæ сцæй- стад, фæлæ йыл Саучызг æрхæцыд. — Нырма куы ницы ’абадтæ, уæд кæдæм тагъд кæ- ныс? — Баулæфон, — афсон кодта. — Райсом мæ куыст- мæ раджы цæуын хъæудзæн. — Афтæ кадавар дæр нæу æхсæв, ма тæрс. Нæ хъу- сыс уæртæ уыцы гадзатæм? Æхсæв-бонмæ сын æр- хуыст-æрулæфт куынæ ис, уæд уыдон куыд фæразынц, уæдæ?.. Цуцайæн йæ зæрдæ афтæ ныццин кодта æмæ зæ- рондæн йæ уæрджытыл атыхст. Зæрондмæ уый диссаг фæкаст. Æнæуый афæстаг рæстæджы йæ ахаст йæ уаг- ыл нал у. Йæ фыццаг фендæй фæстæмæ цы Цуцайы зыдта, йæ зæрдæ йæ риуы абухгæ кæмæн кодта æмæ-иу Саучызгмæ дæр чи рацæйлæбурдта, уыцы Цуца нал у. Уыцы абухаг æмæ лæбураг зæрдæ нал ис йæ риуы. Ног карст холлаг хурмæ куыд афæлвых вæййы æмæ уый куыд æрызгъæлы, уый куыд æрфæлмæнтæ вæййыи афтæ æрлæмæгъ ис, сывæллонæй рæуæууæнкдæр ссис, фæлæ’ уæддæр рог митæм йе ’онг нæ тасы. Æмæ дын ныр уый’ йæ митæ. Нырмæ зæрондæн йё ’фцæджы дæр никуы атыхст. Нæ йæм уыд ахæм «гадза» митæ. (Уый зæрон- дæн йæхи ныхас у). Фыццаг куы ’рбацыд æмæ йын Га- зан афтæ куы загъта, зæгъгæ, мæнæ ацы дзæбæх сыл- гоймаг та у нæ уæзæджы мад, уæд ыл уыцы хæсфидæ- джы тыхст акодта. Æмæ уый тыхсты ад нæдæр скод-| та. Басыллыхъы къабæзтау ын йæ цæнгтæ йæ фæсон- тыл уыцы уæгъд æппæрст æрбакодта æмæ сæ уайтагъд- фæстæмæ айста. Æмæ уыцы «атыхст» нæ фæцыд зае- ронды зæрдæмæ. Сæ уæзæджы уæларт, чн не сфидау- дзæн, ахæм хъуырауы хуызæн æм фæкаст, æмæ уæД ныллыг кодта йæ мид-зæрды: «Рафæлтæрын дæ хъæуьь мæ чызг, нæ уæзæджы æнтыды мидæг. Æмæ дæ æз нэе 192
уæзæджы фыцгæ æнтыды дзæбæх рафæлтæрдзынæн. Дæ зæрдæ мыл дар». Æмæ сæ кæмæ цы бахæццæ ис, уый йын хæлар уæд, йæ мады æхсырау ын батайæд, фæлæ зæрондмæ ныр дис фæкастысты Цуцайы рæуæг митæ. Йæ уæрджытыл ын куыд æрбатыхст æмæ йын йæ цæсгом йæ хъæбысы куыд ныссагъта, уый йæм дис куыд нæ хъуамæ фæкас- таид? — Цы кæныс, цы? — йæ дызæрдыгдзинад нæ бам- бæхста зæронд. Нæ сахуыр ахæм «уæздан» митыл. Ахуыр нæ, фæлæ цы зыдта, уыдон дæр аппæрста. Ап- пæрста сæ, уымæн æмæ фæхæст пу диссаджы хъуыды- йыл: «Æфсæйнаг цалынмæ цæхæрзынг у, уæдмæ йæ куы нæ рацæгъдай, уæд дзы стæй ницыуал рауайдзæн». Адæймаджы æнкъарæнтæм дæр иугæр ныхилинаг дæ, уæд сæ цæв, цалынмæ тæвд сты, уæдмæ. Æмæ ныр Цу- цайы æнкъарæнтæм февнæлдта, йæхимæ гæсгæ сæ тæк- кæ тæвдыл куы уыдысты, уæд. — Мыййаг, истæмæй фæ- тарстæ? — Фæтарстæн, — йæ уæрджытæ йын нæма суагътон, афтæмæй йæм хæрдмæ скаст æмæ сдзырдта æхцонгас кæуын хъæлæсæй. — Тынг фæтарстæн æмæ дæм цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтон. — Æмæ цæмæй фæтарстæ? — йæ арм ын йæ сæрыл •æруагъта. — Уартæ уыцы хъæлдзæг хъæлæбайæ. — Æ, дæ гыцци макуы амæла, мæ гыццыл уæрыкк, — æргуыбыр æм кодта æмæ йын йæ сæр йæ хъæбысы æр- бакодта. — Æз æй зыдтон. Дзылыты уæзæджы аккаг сылыстæг кæй рацæудзынæ, уый æз æнæуый дæр зыд- тон, фæлæ дыл уæддæр ахæм тæппуд уæвын не ’мбæлы. Æнæуый, уыцы хъæлæбайæ, уыцы чъизи хъæлдзæгдзи- надæй кæй тæрсыс æмæ дзы дæхи кæй хизыс, уый хорз у, мæ чызг, фæлæ дæм дзы уырдыгæй ардæм цы æрба- хæццæ уыдзæн? Уый сæ фæскъутæрты æмæ цъериты ау- уæтты чи ралас-балас кæны, уыдонмæ дзы бирæ куы ницыуал хæццæ кæны, мæ чызг, уæд ма дзы дæумæ уыр- дыгæй ардæм цы хъуамæ æрбахæццæ уа? — Цы ралас-балас кæнынц, цы? — ныр ын суагъта йæ уæрджытæ æмæ йæм дисгъуызæй кæсы. Кæд ын уыцы мæйдары йæ цæсгом уынгæ нæ кæны, уæддæр æм кæсы. — Сæ тæригъæд сын куы фæхæссиккой уыцы гадза- тæ, цы нæ фæлæ кæй ралас-балас кæнынц æмæ фыдæ- 13. Кæбысты 3. 193
бонæй кæй марынц, уыдонæн, — мæсты улæфт ныккод- та зæронд æмæ бандоныл йæхи бараст кодта. Æрбадт раст, фæлæ дзургæ ницыуал кæны, æмæ Цуцайæн фыр- цымыдисæй йæ уды бонтæ схауынц. Æниу ын йæ ацы миниуæг зоны. Ныхасаджы йæ тæккæ карзмæ бакæны,., стæй йæ уым ныууадзы. Ныууадзы йæ æмæ лæууы, ца- лынмæ йе ’мныхасгæнæгæн йæ уд йæ хъуырмæ не схæццæ уа, уæдмæ. Æмæ йын ацы миниуæгыл фæца- хуыр ис. Иæхй тынг нал батыхсын кæны, фæлæ ам æгæр зынæмбарæн у хъуыддаг. Чи кæй ласы, чи кæй мары; фыдæбонæй? Ацу æмæ сын ды исты бамбар! — Цæй ма, дзур дарддæр. Мæ уд схауы,— нал ба- фæрæзта Цуца уыцы æгуыппæгдзинадæн æмæ йæ ба- цырд кодта. — Æмæ дзы цы ис дзуринаг та? — ныуулæфыдис та. зæронд.—Тыны хъæуы гадзатæ сæ цæсгом бахордтой,. æмæ сæ кæрæф’ буæртты хæрам зæроид лæгтæ æмæ æнахъом саби-лæппутыл калынц... — Уый та куыд? — нæ йæ бамбæрста æмæ ноджы; тынгдæр фæдисау ис. — Сæ «хуымтæ» иу дыууæ боны куыры фыдæй зæ- рæстон аззадысты, мæ чызг, æмæ сæ фæстæмæ куы ба- хуым кæниккой, куы сæ байтауиккой, сæхи хъуыдымæ- гæсгæ, тыллæг чи нæ ратдзæн, ахæм цъæмæлтæй уæд- дæр, уый сæ фæнды, уымæ тонынц сæ бицъынæг æмæ гадза хъæзтытæ æрæмысыдысты æхсæвыгæтты, науæд ай бæстыл арт цæуы, æмæ цавæр кафт æмæ зард у?!. — Ницы дын бамбæрстон, мæ мадыстæн, — йæ æр- мттæ йæ риуыл сæвæрдта æмæ йæ уæхсчытæ дыууæ- рдæм здухы. — Ницы бамбæрстай, уымæн æмæ ды ахæмтæн ни- цы зоныс, — сбуцтæ йыл кодта зæронд.— Ницы сын зо- ыс, æмæ дæ нæдæр хъæугæ кæнынц.^ Кæд дæ тынг хъæ- уынц, уæд та сæм бацу. Бацу сæм ’æмæ сæ дæхи цæс- тæй фенай. Чизоны, дæуæн дæр дæ зæрдæйы бын кæд- дæрты батæпп-тæпп кæны, и, мæ чызг? — йæ дæларм ын аныхта хъыдзы кæныны æфсон. — Бацу æмæ дзы, чизоны, дæумæ дæр исты æрхауа. — Фæсус хъæлæсæй ■ худы Саучызг. — Дæ уæлдай, уыцы зæронд хъæндæльь гæ уыдонæй искæмæн йæ хуымы кæрон куы нæ æрза- дысты. Ацы хъæуккаг чындз дæ ды дæр æмæ дзы дæ* хай æрдом... — Ныууадз ма мæ, дæ хуыцаумæ скæс, — йæхи дзьь 194
оахибар кодта Цуца.— Ам цы диссæгтæ хъусын, уыдон аргъæутты дæр ничи æрымысдзæн, æвæццæгæн. — Хъусын ницы у. Дæхи цæстæй сæ куы фенис. Уы- цы гадзатæ мæгуыр фæлахс зæронд лæгтæн цы митæ фæкæнынц, уый æз мæхи цæстæй цалдæр хатты фед- Тон. Æхсæв æгæр тар куы нæ вæййы, кæцæйдæр мæйы цæст гæзæмæ куы ферттивы, ахæм æхсæвты сæм кæд- дæрты базылдтæн æмæ сæ тæригъæдæй мæ зæрдæ фæ- рыстис... — Кæй тæригъæдæй? — йæ дзырд ын фескъуыдта Цуца. — Зæронд лæгты тæригъæдæй. Зыгуымхор галтау ма сæ сым-сым æмæ сæ уынæргъып фæцæуы къутæрты бынтæй. — Æй, сæ цæсгæмтты царм сыл æрлæбыра, æмæ сæм уæдæ æнæуый уайсадгæ куы фæкæнынц — дисгъуы- зæй афтæ бакодта Цуца. — Куысты рæстæджы дзы зæ- ронд лæгты цур йæ былы бын куыничи фæзыхъхъыр кæны, уæд сыл уый фæстæ цавæр æдзæсгомдзинад баф- ты, саубонæй баззайой? — Уыдон фæдсафæн митæ сты, цæмæй сыл уыцы зæронд лæгтæн сæ устытæ æмæ сæхи æфсинтæ ма фæ- дызæрдйг уой. Æз та сæ мæхи цæстæй федтон æмæ дæ кæд уыдон хуызæн^ дæ намыс æмæ дæ цæсгом фесафын кæ фæнды, уæд сæ куысты рæстæджы дæр дæхи хиз. Æз кæм уон, уырдыгæй дард макуыдæм цу. Изæрыгæтты та дæ дæ зæрдæйы монц макуы ахæссæд уыцы хъæлæ- байы фæдыл, науæд сонт зæрдæ тасаг у. Иу хатт дыл дзы исчи уæлæнгай узæлд куы акæна, уæд уый фæстæ буар йæхæдæг фылдæртæ фæдомы. Æз дæр .уыдтæн дæ цахъхъæн æмæ йæ зонын. Нæма мæ ферох сты... — Алæ, дæ мæрдтыстæн, — йæхи бауыгъта æмæ сы- стад Цуца. — Мæнæ сæ койæ дæр мæ зæрдæ рисгæ кæ- ны... Хæрзæхсæв рау. Æз цæуын. — Хорз фынтæ фен, мæ чызг... Æ, уа хорз фæуа Цуцайы бæлццоны ралгъитæг, кæд уыцы дудгæбонтæ фехъусыны фæстæ хорз фынтæ фенæн нал вæййы уый хуызæн тыхст æмæ уырыд адæй- магæн! Æхсæв бонмæ фыдфынты хай фæцис, мæгуыр. Цавæрдæр æнæдаст, æнæдæндаг зæрæдтæ бафтыдысты йæ фæдыл. Мæнæ стæнмæдзæуæг гадзайы фæдыл куыйтæ куыд ныххал вæййынц, афтæ ныххал сты’ йæ фæдыл, мæгуыр, æмæ сæ кæдæм нæ лыгъд, кæм сæ не ’фснайдта 195
йæ мæгуыр сæр, фæлæ та-иу æй ссардтой. Иууыл тынг- дæр та тыхст, йæ бæгънæг буар ын кæй уыдтой уыцы зæрæдтæ, армæй йæм æнæраны рæттæм кæй æвнæлд-, тои, уымæй. «Куыдта, мæгуыр, хъыллист кодта. Исты бызгъуырæй, науæд залмы сыфæй истæмæй гыццыл йæ- хи уæддæр куы æрбамбæрзид, уый йæ фæндыд. Æмæ-иу- цыдæр хæррæгътæ бафтыд йæ къухы, фæлæ та-иу ын сæ, уыцы зæрæдтæ байстой. Хъæр-иу кодтой се ’нæдæндаг дзыхтæй; «Афтæмæй хуыздæр дæ! Афтæмæй рæсугъд- дæр фидауыс! Дæ буар нæ ма æмбæхс! Уæддæр дын æй ссардзыстæм!» Афтæ фæутæхсæн кодта æхсæв-бонмæ æмæ райсомы сынтæгæй йæхи райсын дæр йæ бон нал уыд. Æнæбары митæй ма æрдыгъта йæ хъуг, аздæхта йæ уынгмæ, стæй рагъæнæй йæ халамæрзæн райста. Хъуамæ ссивынмæ ацыдаид, фæлæ кæрты дуарырдæм иу цалдæр къах- дзæфы куы сарæзта, уæд уым æрхауд. Ницыуал базыд- та. Цас фæцис афтæ хаудæй, уый дæр нæ базыдта, фæлæ куы æрчънцыдта, уæд кæрты иу къуымы хуыссыд хъис- сыны зæрондыл. Хуыссыд æмæ Саучызг та бадт йæ фарсмæ. Уый дæр хъисыны кæроныл бадт. Цуца йæм иудзæвгар уыцы æдзынæг фæкаст. Цыма йæ фыццаг хатт уыдта, уый каст æм кодта, стæй сдзырдта уыцы ризгæ хъæлæсæй. — Цы ’рцыдис? Ам цæмæн хуыссын? — Æ, мæ сæр дын амæла,—æргуыбыр æм кодта, зæронд æмæ йын йæ сæры хил дауы.—Æвæццæгæн, дæхи æххормаг уадзыс, дæ нывонд фон. Къæбæрцух уадзыс дæхи, афтæмæй та куыстæй дæхиуыл фæхæцын нæ зоныс. Дæ тых слæмæгъ ис, дæ нывонд фон. Æнæ- уый дæр дæу хуызæн сылгоймаг йæхи хъуамæ æвæра. Табу дæ фарнæн, фæлæ Хуыгайæ мæхи бар куынæ уыдтæн, уæд мæ иууыл зæхх йæхимæ ласта. Кæмфæнды æрбадтаин, уайтагъд та-иу афынæй дæн. Уый тыххæй мæ ме ’фсин иууыл хъахъхъæнгæ кодта. Искуы, дам, лæугæйæ афынæй уыдзынæ. Ахаудзынæ, дам/æмæ, дам, мын мæ артыл уазал дон ауадздзынæ, — йæ мидбылтЫ æхсызгон худт бакодта. Иæ зæрдæ бабуц ис уыцы æхцон æрымысинагæй æмæ бахудтис, фæлæ Цуца худыныл н# уыд. Нырмæ дæр цыдæр ахæмæй æнкъардта, фæлæ йын цыран риссы, цыран æй тынгдæр х’ъыг дары, уый нæма зыдта бæстон. Ныр цыма йæ артæнтæй исты аскъуыД» уыйау æй йæ гуыбын сæлхысчъытæ кодта. Уый ма сгвМ» мæгуыр, фæлæбурдта, фæлæ йæ рыст бауромын йæ боН 196
цал бацис æмæ та йæ зæрдæ бахъарм ис. Саучызг йæ- химæ фæлæбудта, мæгуыр: —- Саубон мæ баййæфта, уыцы дуртæм йæхи æвзæр яфхаста, æвæццæгæн, æмæ туг ныууарыд нæ уæзæгыл. 15абын ис нæ уæзæг! — æрдиаг кодта, мæгуыр, фæлæ тцгмæй баххуыс кодтаид тыхст усæн, уымæн ницы зыд- та. Ницы зыдта æмæ, æррайау, кæрты къуымты рауай- блуай кодта. "Цуца ногæй схъæрзыдта: — Мæлын! Баххуыс мын кæнут, мæлын! Мæ артæнтæ мыи ныллыгтæ чындæуыд! Мæ артæнтæй мæ æргæвстæ- \ы æмæ мын баххуыс кæнут! Базыдта йæ хуыцауы цæф Саучызг. Хъуыддаг хорз кæй нал у, уый базыдта. Ныр æххуысмæ искæмæ куы пыхъхъæр кæнид. Исчи куы фæуаид ацы тыхст рæстæ- ;;жы йæ цуры. Ныры хуызæн никуы бабæллыд адæмы хорзæхмæ. Ныры хуызæн æй никуы æрфæндыд хъæуимæ æмудæй цæрын. Æмæ бæргæ ныхъхъæр кодтаид, фæлæ пæ æнæтыхстæй кæй зæрдæ скъахта, йæ æвæлмон царды заманты кæй зæрдæбын не ссардта, уыдон ын ныр куыд бамбардзысты йæ зæрдæйы рис? Цы цæстæй йæм ракæс- дзысты? Адæм уæддæр хорз сты. Адæм хорз кæй сты æмæ йæм ныртæккæ дæр, куы сæм фæдзурид ныртæккæ, уæддæр æм æххуысмæ кæй фæзыниккой, ууыл нæ ды- зæрдыг кодта, фæлæ йæ бон уый саразын нæ уыд. Цы- дæр ын цæ уæнгтæ баста. Цыдæр ын йæ былтыл цъутта æвæрдта æмæ йæ нæ уагъта фæдисы хъæр ныккæнын. Стæй хъæр дæр кæмæ ныккæна? Хъæуы мидæг сылстæ- Джы номыл кæд искуы гыццыл чызг ис, æндæр иннæ сылгоймæгтæ ныртæккæ уæлæ фæтæны ссивынмæ сты. Чысыл раздæр йæхæдæг дæр уырдыгæй æрхæццæ ис. Дысон ын бадын æгæр ацайдагъ. Райсом афынæй. Æрæг- мæ райхъал ис. Уæддæр ма банхъæлмæ каст Цуцамæ. Æнæкæрæдзи никуы фæцæуынц куыстмæ. Ныр дæр æй пæ уырныдта. Цыфæндыйæ дæр æнæуый ацыдаид, уый йæ нæ уырныдта, фæлæ уæддæр ацыд. Схæццæ ис фæ- тæнмæ. Дардæй куы скаст æмæ Цуцайы уыгæрдæны куы пæ федта, уæд йæ зæрдæ фæкъæпп ласта. Мацы йыл æрцæуæд, зæгъгæ, фæкодта йæхинымæры æмæ цæхгæр хъуамæ фæзылдаид, фæлæ йæ уæдмæ чидæртæ ауыд- той. Уыцы мæлинаг гадзатæ йæ ауыдтой æмæ та се ’взæгтæ нæ баурæдтой. «Дæ байраг кæм фæдзæгъæл ис, Саучызг?» — рахъæр æм дзы кодта чидæр. «Ма фæрын- Чын уа дæ гыкъына, — адæмы худыны ’хсæнæй йæм 197
райхъуыст æндæр хъæлæс. — Иууыл дæ фæдджийыл куы хæцы, уæд дын æй куыд суагъта?» — Уæхи фæдджиты кой куы кæниккат, гадзатæ, æмæ сын æхсæвыгæтты къутæрты фæстæты æмæ цъериты аууæтты сæ бынтæм зæронд, куыстдзагъд лæгтæ æмæ æнахъом саби-лæппуты куы нæ ласиккат, уæд мæм хуыздæр кæсы, — йæ дзуапп ахæм суйтæ уыд æмæ йын дзы æмбаргæ ничи ницы бакодта, фæлæ сын уæддæр худæджы хос фæцис. Зыдтой йæ, исты æбуалгъ дам-дум та кæй æрбаймысыдаид. Хорзæй кæй ницы загътаид, уый зыдтой æмæ, комкоммæ цы загъта, уый базоныныл дзы йæхи ничи батыхсын кодта. Æнæуый сæ куыстæй сæ зæрдæ рад æмæ, кæд сæ сагъæстæ сæ сæрæй уæлдæр уыдысты, уæддæр уал ныр сæ зæрдæтæ радысты сæ хъуыддагæй æмæ сæм худын дæр цыд. — Худын уæ хъæуы, — уæддæр йæ масты дзæкъул нæма равдæлон ис, стæй йын йæ фыццаг ныхæстæм сæ хъус не ’рдардтой, уый хуызæн æбуалгъ ныхæстæ йын рагацау цæттæ уыдысты. Уыцы ныхæстæй сæ сæ астæу- тыл кæй афаддзæн, уымæй йæ стыр ныфс уыд. Стæй йæм лæбургæ дæр кæй кæндзысты, уый дæр æй уырныд- та æмæ рагацау зыдта, йæхи сæ куыд бахиздзæп, уый. Мыййаг æм дзы исчи армæй куы бавнала, уæд ын Цуца нæ ныббардзæн. Æнæмæнг йæ сæрыл рахæцдзæн æмæ йæхи цæстæй фендзæн, хыл кæнынмæ куыд арæхсы, уый. Газан ын дзырдта, йæхæдæг æй хылгæнгæ куыд федта, уыдæттæ. Дзырдта йын сæ, фæлæ йыл æххæст нæ бау- уæндыд æмæ йæ ныр хъуамæ йæхи цæстæй фена. Æмæ йып рагацау æппæт дæр цæттæ бæргæ уыд, фæлæ йьтн иæ рауадысты нывыл. Иуæй Цуцайы ам иæ сæййæфта, ин- нæмæй та йын йæ ныхæстæм йæ хъус ничи æрдардта. Кæд карз уыдысты, уæддæр сæ ауагътой сæ хъусты фæр- сты. Æмæ ма сын ноджы исты уæнгмарæи ныхæстæ куы зæгъид, стæй хъуамæ фæстæмæ аздæха. Дзæгъæлы æнæ- рацæугæ нæ фæуыдаид уыцы ус æмæ йæм йæ зæрдæ ахсайдта:—Худын уæ хъæуы, гадзатæ! Уæ сæры хи- цæуттæ’ æмæ уæ мойæгтæ кæмдæр тохы быдыры сæ туг калынц, сымах та ам хъæуы чъирикувджытæй уæхицæн куыртæ сарæзтат æмæ сын бынæй уæлæмæ сæ сым-сым- мæ уыцы æхсызгонæй фæхъусут... — Ой, дæ сым-сым фæцæуа, Саучызг, кæд цытæ дзурыс, — хъæлдзæг худыны æхсæнæй та йæм райхъуыст кæйдæр дзурын. — Уый æппæт диссæгтæ ма иронау радзур. Ирон æвзагмæ ма нын рафæлдах уыцы ныхæсты 198
земæ сæ мах дæр бамбарæм, науæд дын дæ хатиаг дзырд- тæн куы ницы зонæм. — Ахсæв та сæ мусы чъил къутæртæ æмæ цъериты фæстæ ратул-батулгæнгæйæ бамбардзыстут. Ма тагъд кæнут, — загъта ма æмæ фæзылд фæстæмæ. —-Атагъд кæн, атагъд, дæ родмæ, науæд дын дзи- дзийыл фæкæудзæн,—’фæстейæ ма йæ æрæййæфтой кæйдæр ныхæстæ, фæлæ сын дзуапп нæ радта... Гъе, æмæ кæрты Цуцайы, тæккæ дуртæ кæм сты, уыдон цур хаудæй куы æрæййæфта, уæд йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад. Исдуг хъуамæ ныббогъ ластаид, фæлæ йæхи фæурæдта: «Уæдта æнæуый йæ зæрдæ бав- зæр ис. Æнæфæразонæй йын уый бæрц змæлд ис æмæ, чизоны, йæ зæрдæ бавзæр ис, уæд ноджы фæтæрсдзæн æмæ...» Бауад æм хæстæг. Иæ риуыл ын йæ хъус авæрдта. Гæзæмæ хъуыст йæ тæпп-тæпп. Исдуг æй хæдзармæ ахæссыныл хъуамæ афæлвæрдтаид, фæлæ йæм йæ ныфс нæ бахаста. Уæд тыргъы гæзæнхъæдыл ауыгъдæй ауыд- та хъисын. Бауад æм. Кæрты къуым лæгъздæр кæм у, ахæм ран æй айтыдта æмæ йæ уырдæм ласæгау бакодта. Æрæвæрдта йæ дзæбæх, стæй хæдзарæй дон раскъæфта. Йæ цæнгтæ, йæ дæллагхъуыртæ, йæ риуы гуыдыр ын дзы сæууæрста æмæ... Æмæ ныр кæмæ ныхъхъæр кæна фæдис? Куы ныхъ- хъæр кæнид, уæд æм фæзыниккой. Æнæмæнг æм фæ- зыниккой, фæлæ сæм куыд хъуамæ фæдзура? Тæккæ чысыл раздæр ма алывыдтæ кæуыл фæмысыд, уыдонмæ фæдзура? Æцæг æм сæ хъус не ’рдардтой. Цыма йын йæ ныхæстæ нæ бамбæрстой, сæхи афтæ равдыстой, фæлæ уый ноджы æвзæрдæр у. Арæх сын фæкъахы сæ зæрдæтæ ахæм ныхæстæй. Сахуыр ыл сты æмæ йын сæ ницæмæуал дарынц. Æмæ сæм ныр æххуысмæ куы фæдзурид! Нæй! Уый гæнæн нæй, фæлæ истытæ арха- йын хъæуы æмæ йæ мидхъуыдыйы æрыфтыдта, йе ’фсин- иу ын цытæ амыдта сылгоймаджы удыхъæды, йæ буары миниуджыты тыххæй, цахæм сылгоймагон низæн куыд æмæ цæмæй хос кæнын хъæуы, уыдон. Æрымысыд сæ æмæ дзы авзæрста, цæмæй ма ус, мад йæхæдæг уæддæр фервæза, уый тыххæй йæ цы аразын хъæуы, уыдæт- тæ... Æмæ ус фервæзт. Фервæзт тынг зынтæй, фæлæ уый Дæй ирвæзт у! Цæмæн хъуыд Цуцайы ахæм ирвæзт? Ау, Газанæн афтæ бирæ ныфсытæ кæмæй февæрдта, 199
дæ уæзæгæн дын фидар бындур æрæвæрдзынæн, зæгъ- гæ-иу ын кæй ныфсæй дзырдта, йæ фыстæджыты дæр æй кæмæй рæвдыдта, уый нæ бахызта фыдбылызæй æмэ^ йæхи цæмæн хъуыд ахæм ирвæзт? Æниу, уыдæттыл фæстæдæр хъуыды кодта. Цалдæр бонмæ йе ’муд не рцыд. Саучызг ын алыгъуызон кæр- дæджытæй хос ,кодта. Зылдис æм, мæгуыр. Куыстмæ- дæр нал рацыд. Бригадир æм бацыД’цалдæр хатты. Хъуыддаджы æцæгдзинад ын не схъæр кодта. Цыма сыл уæд адæм ноджы сæ къах тынгдæр æркъуырдзысты, афтæ йæм каст æмæ йын æй не ’схъæр кодта. Æнæуый. æнæфæразгæ у-иу ын загъта æмæ та-иу уый дæр ацыд. Цуца чысыл куы фæсæрæн ис, йæ цæстæй куы ракаст æмæ цыдæр комдзæгтæ дæр куы акодта, уæд æм зæ- ронд радта Газаны фыстæг. — Ныр иу æртæ боны лæууы ам, фæлæ дæм æй рад- тын мæ ныфс нæ хастон. Уæдта дзы, зæгъын, уæззау хабæрттæ исты фыст ис æмæ дæ зæрдæ ноджы фæрыст. Бакæс æй, дæ нывонд фон, æмæ дзы кæд, мыййаг, исты зындзинæдтæ, уæззау хабæрттæ уа, уæддæр сæ дæ зæр-- дæмæ ма айс. Цы бон нæ ис? Дфтæ нывгонд нын фæцис хъысмæтæй æмæ йыл хъуамæ хъæцæм... Цуца йæхæдæг дæр йæ ныфс нæ хаста фыстæгмæ. Цы фæпды дзы уа, уæддæр ныртæккæ иууыл тынгдæр цæмæй, тæрсы, ныртæккæ йæ зæрдæ иууыл тынгдæр цæуыл риссы, уымæн дзы æнæуæвгæ нæй. Уый кой дзы æнæмæнг уыдзæн æмæ, мыййаг, йæхи куы нæуал бау- рома. Мыййаг йæ зæрдæ куы аскъуыйа. Фæлтау уал æндæр истæуылты йæхи куы аирхæфспд. Фæлтау уал æндæр ныхæстæй йæ зæрдæ куы -фæфидардæр кæнид... Æмæ фыстæг йæ риуыл æрæвæрдта. Йæ æр^ттæй йæ æрæмбæрзта æмæ бафарста Саучызджы: — Афтæ тыхст куы уыдтæн, уæд мæм æпрын хъæуы устытæй ничи æрбауад? — Æ, кæинæуæдæ сæ хъæбулты фыдтæ бахæрой, кæд дæм дзы ничи æрбауад! — фыдæлгъыст ныккодта Саучызг æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ ноджы тынгдæр фæцæй хъарм кодта. Цæмæй тарст æмæ ацы ныхас цæй тыххæй æрæфтыдта, уымæй йыл дзы ноджы стырдæр æмбисонд фæцæйкодта. Хъæбулты коймæ йæ зæрдæ^ барызт. Нырмæ ницы хъуыды кодта. Нырмæ йæ гуырдз- бадйены чи змæлыд, чи дзы цард æнцад-æнцойæ, уый нырмæ хъæбул схонын йæ зæрдæ нæ хаста. Тарст уыцы койæ æмæ йæ хъæбул никуы схуыдта... Фæлæ уыцьг 200
тæригъæддаг ныр йæ гуырдзбадæны нал ис. Ныр рацыд: рухсмæ. Ныр хъæбул у. Мæрдтæм дæр æм ныр хъæбульг. номæй дзуры æмæ, искæй хъæбулы чн æлгънта, уый Цуцайы хъæбулы дæр æлгъиты. Хъæбултыл ныхас цы- хуызæн фæнды узвæры цæуæд, уæддæр уымæн дæр йæ хъæбул семæ нымад у æмæ йæ зæрдæ нырæй фæстæмæ нал быхсдзæн хъæбулты æвзæры кой... Æмæ йын тынг зын уыд, Саучызг хъæбулты кæй ралгъыста, уый. Фæ- фæсмон кодта, афтæ йæ кæй бафарста, уый тыххæй. Зыдта йæ. Исты фыдæлгъыстытæ та кæй кæндзæн, уый зыдта, фæлæ хъæбулты кой ракæндзæн, уый йæ нæ уырныдта. Ау, куыд хъуамæ ракæна хъæбулты кой. Хъæбул йæхæдæг цы ад кæны, уымæй йын йæ амæлæты уæз раздæр чи бавзæрста, уыцы ныййарæджы цур куыд хъуамæ ракæна хъæбулты кой! Фæлæ уыцы хъуыддаг дæр пæ басаста Саучызджы,. хуыцау ын ма ныббара, æмæ мæгуыр усæн йæ низ фæ- дывæр кодта. Ныр æм зæронды истæмæй бафæрсыны хъуыды нал æрцæудзæн. Уый фидарæй зыдта, фæлæ фыстæгæн та цы бакæна? Йæ зæрдæ фæфидардæр кæ- ныны ныфс æй уыд æмæ йын иннæрдæм рауад. Ныр ма цæуыл хъуамæ фæлæууа йæ зæрдæ? Ныр ма цæмæй ныфс авæра йæхицæн? Ницæмæй! Æмæ ризгæ къухтæй фелвæста фыстæг. Тынг зыпæй йæ райхæлдта. Цæстытæ донæй йедзаг уыдысты æмæ дамгъæты не ’взæрста. Дамгъæтæ нæ, фæлæ гæххæттыл цыма исчи ахорæн ныккалдта, уый хуызæн змæстытæй зынд. Цуца хъæц- цулы къабазæй йæ цæстытæ ныссæрфта. Йæ хъуыдыты мидæг йæхицæн цæмæйдæрты ныфсытæ авæрдта. Чысыл фæфидар кодта йæхи æмæ райдыдта кæсын. Саучызг æм æнхъæлмæ каст, зæгъгæ, йæ хъæрæй кæсдзæп, фæ- лæ уый цæссыгтæ хуыдуг кодтой æмæ йæхннымæр кæ- сып дæр нæ уыд рæстмæ йæ бон... «Дæ бон хорз, мæ зынаргъ! — афтæ райдыдта фы- стæг. — Дæ бон хорз, — уыдис дзы дыккаг хатт фыст. — Æ, тæхуды, цалынмæ фыссыныл не ’рбадын, цалынмæ мын фыссыны рæстæг нæ фæвæййы, уæдмæпы хъуыдытæ æмæ фыссинæгтæн ныр сæ дæсæм хап уæддæр куы æр- лæууид мæ зæрдыл æмæ мын гæххæтмæ куы ракомик- кой! Хæст йæ тæккæ цырыныл куы вæййы, уæд, æхсгæ- æхсын æмæ знæгты цæгъдгæйæ, уемæ цы ныхæстæ фæ- кæнын, уыдонæн мын ныр сæ хæрз гыццыл хай уæддæр куы ракомид къарандасы фындзмæ æмæ сæ ацы гæх- 20К
хæтты гæнпæл та сымахмæ куы фæхæццæ кæнид. Сы- махмæ, кæй зæгъын, уый дæм диссаг ма фæкæсæд, мæ зæрдæдарæн. Зонын æй, кæмдæр мæ фырт кæй бады йæ хъарм хызыны æмæ-кæй æнхъæлмæ кæсы, йæ хызын-хæ- дзары дуар æмæ йын дунейы дуар кæд байгом уыдзы- сты, уымæ. Æз мæ уд хъарын æмæ йæ ноджыдæр хъар- дзынæн, Цуца, цæмæй, мæ фыртæн дуне æмæ йа^ хы- зын-хæдзары дуæрттæ цалынмæ нæ байгом уой, уæдмæ хæцæнгæрзтæ æхсын ферох кæной æмæ райдайой хуым кæнын, хос кæрдын, мæ гыццыл бындарæн горæтæй кафеттæ æмæ адджын гуылтæ ласын. Æз мæ уд хъарын æмæ йæ ноджы тынгдæр хъардзынæн, цæмæй мæ фырт, цины бæрæгбонтæй дарддæр, топпы гæрах макуы фе- хъуса, цæмæй, абон адæммæ удхæссæджы цæстæй чи кæсы, абон адæмы удтæ минтæ æмæ милуангай чи хæс- сы, уыцы хæцæнгарзæй мæ фырт марынæй макуы тæрса, фæлæ-иу æдасæй райса йæ къухмæ æмæ дзы фысса чин- гуытæ, ды-иу мын цы чингуытæ кастæ, уый хуызæттæ. Ахъуыды ма кæн, Цуца, мæнæ ныртæккæ чысыл саби- йау мæ уæрагыл чи æрбанцой кбдта, уыцы хæдыхсæй цас фыссæн сисы рацæуид мæ фыртæн. Кæс ма йæм кæс! Кæс ма мæнæ мæ хæдæхсмæ. Мæ уæрагыл афтæ -æрбанцой кодта, ахæм æнæхин цæстæй мæм кæсы æмæ лæг зæгъдзæн, уæ дæ бинонтæм дæ фæтардæуа! Ныр .уыцы ницæйагæй, ныр уыцы æнæхин æнгасæй адæйма- джы раз куыд æрлæууыс æмæ йæм удхæссæджы номæй дæ ком куыд бахæлиу кæныс!? Ахæм æнгас ис ныртæккæ мæ хæдæхсæн, гъе. Кæсы мæм йæ иу цæстæй æмæ мæм афтæ зыны, цыма ардыгæй уырдæм мæ фыртæй хатыр куры, æз мæ райгуырцæй ахæм фыдахин цæмæн фæдæн, зæгъгæ! Æз дæ фыды къухы лæгмарынæн цæмæн дæн? Æз дæуæк сомбонмæ, дæ рацыдмæ фыссæн сисæн, на- уæдта сæндæгхæрæн уидыгæй цæуылнæ равзæрдтæн? Мæн дæр дæуау æрдз куы сфæлдыста, уæд мæнæн, дæ уæлдай, ахæм хъизæмайраг куыст цæмæн ныббаста мæ дзыхьт. Ды дæ хæдзар-хызынæй куы рацæуай, уæд кæу- дзынæ дæ гыццыл дзыхæй. Æниу дын уæддæр мæ дзыхæй стырдæр уыдзæн, фæлæ дын уæддæр гыццыл дзьтх хуыйндзæн æмæ дзы кæудзынæ. Кæудзынæ дзы æмæ уы- цы куьтдæй дæ алыварс уæвджытæн шшдзинад хæс- дзыйæ. Æз дæр кæуын, мæн дæр æрдз кæуынæн сфæл- дыста, фæлæ мæнæн мæ куыд адæмæн циндзинад нæ хæссы. Мæ куыд адæмæн мæлæт хæссы æмæ уый та у 202
хъизæмайраг! 0, афтæ дзуры мæ хæдыхс мæ фыртмæ. Афтæ йæм дзуры, ныртæккæ мæ уæрагыл мæ сабиау, мæ гыццыл бæлццон-хъæбулау чн æрбанцой кодта æмæ мæм йæ иу цæстæй æнæхин каст чи кæны, уыцы хæд- æхс. Цуца, æгæр бирæ дзурын, фæлæ мын ныххатыр кæн. Хæстон лæгæн уый бæрц дзурыны фадат никуы вæййы, фæлæ ныртæккæ ахæм амонд уæрхауд. Цалдæр боны æнæрынцойæ уæззау тохты фæлæгæрстам. Лæгæрстам! Комкоммæ дæр лæгæрдгæ кодтам туджы мал æмæ адæ- мы мæрдтæй сырæзгæ цæндты ’хсæнты. Æмæ куыд зын вæййы ахæм рæтты лæгæрдын, уый зоныс, Цуца? Æй, мæ зынджы хайыл! Астæуæй уæлдæр чи æххæссы, ахæм сæлæф миты дæр лæгæрстон, Пацъайæн йæ тæккæ арф- дæр, æмæ йæ тæккæ къуырæндæр бынæттæ кæм сты, уымыты дæр лæгæрстон, фæлæ ^дзы мæ зæрдæ æмæ мæ. уæраг никуы цудыдтой. Цудгæ цы! Зæрдæ-иу уыцы æх- цондзинад æнкъардта. Ам афтæ нæу. Ам туджы мал цырыхъхъæн йæ уафсы æмбисы онг куы хæццæ кæна, науæд уый онг дæр ма уæд! Уафсæн дзы æрмæст йæ бын куы уымæл кæна, уæддæр дзы афтæ зын лæгæрдæн у, афтæ, æмæ зæрдæ зындоны цæдджинаджы фыцæгау фæхъизæмар кæны. Ахъуыды ма кæн, дæ низтæ, Цуца! Цæуыс, лæгæрдыс уыцы туджы малы æмæ йæ зоныс, уый дæ уæфсыты бын ис, гыццыл раздæр дæ фарсмæ йæ уарзон чызджы кой, йæ уыидæй кæмæн нæма ба- фсæст, кæнæ, мæнау, йæ хуыз æмæ йæ ном дæр кæмæн пæ зоны, йæ уыцы хъæбулы кой, йæ гыццыл хо кæнæ æфсымæры кой, пæ зæронд’ мад æмæ фыды кой афтæ æхсызгонæй чи кодта, уыцы бурдзалыг хъæлдзæг кæнæ æнкъард-зæрдæ лæппуйы туг дæр кæй ис дæ къæхты, дæ уæфсыты бын. Дæу фæнды ууылты нæ, фæлæ æндæр рæтты, уыцы лæппуйы туг кæм нæй, ахæм рæтты ацæ- уын, ахæм фæндаг равзарын, фæлæ уым та ис æндæр лæппуйы туг æмæ ма дын уый уайдзæф дæр кæпы. Уай- дзæф дын кæны, зæгъгæ, дын уыцы лæппуйы тугæй мæ туг цæмæн у асламдæр? Уый тугæй дын мæ тугыл цæмæн у æнцондæр цæуæн! Æмæ дæу фæнды ныббогъ ласын! Фæнды дæ, йæ хурхы кард кæмæн ныссадзынц, ахæм галы богъ ныккæнын, фæлæ дæ не ’вдæлы. Ай диссаг нæу?! Кæуын дæ фæнда æмæ дын уый фадат дæр нæй! А, худыныл, хъазыныл нал дзурын, фæлæ дын кæуыны рæстæг дæр нæн. Уымæ дæр дæ не ’вдæлы. Ай, ахæм 203
у, гъе, хæст, мæхи Цуца, æмæ мæхи гыццыл хъæ- бул! Цуца, цæй, цы ма дын æй фæдзæхсон? Уый йæхæдæг йæхи фæдзæхсдзæн, дæ низтæ бахæрон, æмæ мын уый фæдзæхст сæххæст кæн. Мæ фæдзæхст дæм кæд; нæ фехъуыса, уæддæр мын йæ уæзæджы фарны фæдзæхст сæххæст кæн æмæ мын æп йæ уæзæгыл, мæ уæзæгыл- дзæбæхæй сæмбæлын кæн, стæй æз куы æрцæуон, мæ- хæдæг дæр куы сæмбæлон мæ уæзæгыл, уæд дын дæ лæггæдтæ иууылдæр бафиддзынæн. Ницы дын дзы ныу- уадздзынæн фндннагæй, дæ низтæ, Цуца! Цæй, фенын- мæ. Мæ гыццыл хъæбул кæм тæлфы, уым дæ арм авæр æмæ йæ стæй дæ русмæ нылхъив. Æ, тæхуды, йæ хъæ- булы гыццыл хъарм рус йæхи русмæ иу хатт уæддæр чи нылхънвы! Æ, тæхуды уыцы амондджын адæймаджы бон фæуа! Мæ мад-иу мын гыццылæй мæ рус йæхи рус- мæ куы нылхъывта, уæд уымæй фылдæр ницы уарзтон. Уæд-иу уæнгтæ уыцы æхцондзинады хъармæй цыма тайгæ бакодтой, афтæ-иу мæм каст æмæ-иу хатт фынæй дæр бадæн уыцы дзæбæх хъармы узæлдæй... Æмæ ныр тæхуды кæнын, уыцы æхцондзинад чи бавзæрста, йæ хъæбулы рус йæхи русмæ чи нылхъивы, уыцы ныййар- джытæм æмæ... Цæй, фенынмæ. Мæ хъæбул æмæ мæ уæзæг дæ фæдзæхст. Уыдон иу сты, фæлæ дын сæ æз дыууæ барæй хонын. Цæй — дæхи, уæхи Газан.» Кæронмæ бакаст фыстæг. Иу хъæрныв дæр дзы пæ ныууагъта, афтæ йæ бакаст. Кæронæй дзы тæпп кæй нæп, уый дæр федта. Фæхатыд æй æмæ ма йæ бон афтæ ахъуылы кæныл дæ\) бацис: «Мæ сæр амæла, кæд дын,, мыййаг, рæстæг нал фæцнс. Кæд дæ, мыййаг, фестын кодтой. Кæд дын, мыййаг, дæ уæрагыл сывæллонау чи æнцой кодта, уыцы хæдæхсы фелвасын кодтой дæ къух- мæ æмæ дæ фæгæрз кодтой лæг марыныл...» — уыдæттæ зæгъын, уыдæттыл ахъуыды кæнын дæр йæ бон бацис, Æппæт дæр дзы ферох ис. Кæм ис, цы уавæры ис, уымæн дæр ницы хатыдта. Цыдæр æвдæлон боны уавæры ха- тыдта йæхи. Цыма йæм йæ лæг фыстæг кæй æрвыста, фыстæджы цыдæртæ кæй фыста, æндæр никуы нипы æрцыдис, афтæ йæм каст æмæ уыцы æвдæлон цæс^æй каст цармæ. Каст цармæ ивадæг цæстæй, фыстæг ын каст куы фæиис, уæд. Хатæны исчи ис, уый нæ зоны, нæ йæ хаты. Афтæмæй та йæм Саучызг уæдæй нырмæ кæсы æмæ йæ зæрдæ фæрчытæ хауы. Усæн фыстæг кæсгæйæ йæ цæсгомы хуыз куыд рафæлив-бафæлив 204
кодта, уый уыдта æмæ йæ зæрдæ рацæйтыдта. Афтæ йæм каст, цыма фыстæджы уæззау хабæрттæй аскъуый- дзæн ннз æмæ маст æфхæрд зæрдæ æмæ йæ цæсты раз æрцæудзæн ахæм æбуалгъ æмбисонд, йæ фæлмæм- бæрзт цæстыты раз уый хуызæн дудгæбон æрцæудзæн æмæ уымæ кæсынæй бæстæ æмризæджы нырриздзæн. Ахæм æбуалгъ æмбисонд æрцæудзæн æмæ йæм кæсын Саучызджы фæлахс цæстытæ нæ, уæларвæй хуры цæст дæр нæ бафæраздзæн. Ахæм æмбисондæн Саучызджы калцæг зæрдæ нæ, фæлæ къамбæцы цармæй быд гæрз бæндæн дæр нæ бафæраздзæн, аскъуыйдзæн, фæрчытæ фæхаудзæн... Æмæ уæд йæхи уд куыд æмæ кæуылты ахъуыздзæн ацы мæнг дунейæ, уый развæлгъау фенын, развæлгъау ыл ахъуыды кæнын йæ бон нæу æмæ хъи- зæмар кæны. Йæ бон дæр нал у уыцы фæливæнтæгæнæг цæсгоммæ кæсын æмæ алидзид сæхимæ, фæлæ йæ йæ ’къах нæ хæссы, йæ зæрдæ йæ нæ хæссы, Цы йæ уромы? Æбуалгъы æмбисондмæ йæхи цæстæй бакæсыны бæл- лиц? Фыстæджы цытæ фыст ис, уыдонæй истытæ фехъу- сын, истытæ дзы базоныны бæллиц? Нæ зонын! Иæхæдæг дæр ын ницы зоны. Алидзын æй кæй фæнды, æмæ йæ йæ къæхтæ, йæ зæрдæ кæй нæ хæссынц, уый зоны, æн- дæр ницы. Æндæр ницы зоны, ницы хаты. Æмæ йæ Цуца дæр куы ферох кодта, уым ма ис, æви цы фæцис, уый дæр куы нал хаты, уæд усæн йæ зæрдæ суынгæг. Афтæ иунæг фæкаст йæхимæ, афтæ сидзæр æмæ æнæхицау фæкаст йæхимæ æмæ йæхи тæригъæдæй йæ зæрдæ суын- гæг. Афтæ тынг ын суынгæг æмæ дзы кæуынæй дарддæр ницыуал баззад. Æрмæст ма кæуын уыд йæ бон æмæ ныккуыдта. Ныккуыдта ахæм куыдæй, ахæм, æмæ хæ- дзары къултæ ныррызтысты. Цуцайы сынтæг нызмæлыд æмæ дзы ус фыццаг зæхмæ рацæйхауд, стæй йæхиуыл фæхæцыд æмæ^йæ мидбынаты фæбадæг ис. Рабадт æмæ уыцы æнæмбаргæ хуызæй кæсы, йæ разы чи кæуы, уыцы усмæ. Кæсы йæм, фæлæ йæ цæстытыл фæлм бады æмæ йæ рæстмæ не ’взары. Чи у, уый рæстмæ нæ уыны. — Кæцы дæ, кæ? — ахæм фарст æй акодта, цыма æппыпдæр Саучызджы никуы федта, цыма йæм фыстæг дæр ничи радта æмæ абон йæ цуры æппындæр ничи .æрлæууыд. — Кæцы дæн фыддæр куы фæуыдаид мæ зæронд сæр æмæ ацы фыдтæ куынæуал æрæййæфтаин! — ныхъхъа- рæг кодта мæгуыр зæронд æмæ сынтæджы чъилыл æр- зсауд. — Цытæ фыссы уыцы лæппу, уыдонæй ма мын 205
истытæ уæддæр зæгъ, — йæ цæссыгтæ сæрфгæ йæм лæгъстæгъуызæй бадзырдта. — Цавæр лæппу?—дисгъуызæй йæ афарста уый та. — Уый Газаны фыстæг нæ кастæ? — Æй, саубон мæ куыд... — нырма йеныр æрбалæу- уыд йæ зæрдыл, цæмæй тдрст, фыстæг бакæсыны размæ* цæмæй тарст æмæ йæхи цæмæ цæттæ кодта, уый йæ кæй баййæфта! Газан та йын йæ бындары, йæ уæзæджы хайы кæй фæдзæхсдзæн йæ фыстæджы, уымæй тарст æмæ йæм бакæсынмæ дæр уымæн нæ хаста йæ ныфс. Æмæ йæ кæсын куы райдыдта, уæд ма фæхатыдта, цæмæй тарст, уый дзы æцæгæй кæй ис, стæй йæ зæрдæ цыдæр- гъуызон ацис æмæ йæм маст нал бахъардта. Фыстæджы цы уыд, уыдон каст, дингæнæг хъуыраны чиныг куыд фæкæсы, афтæ. Уыдта сæ цæстæй. Кастис дамгъæты, фæлæ йын цы дзырдтой, уый нæ хъардта йæ зæрдæмæ. Æмæ йæ ныр зæронд куы афарста, уæд ма уыцы иу хъæр бафæрæзта, стæй, сау мигътæ хуры цæстыл куыд атых- сынц, .афтæ йæ зæрдæйыл атыхстысты фыстæджы зæрдæ- сæттæн дзырдтæ, лæгъзтæтæ æмæ фæдзæхстытæ. Лтыхст- ысты йæ зæрдæйыл æмæ... Кæд æмæ кæдмæ нал æрчъи- цыдта... Æниу, куы æрчъицыдта, уæддæр цы? Уый цæй æр- чъицыд у? Науæд ма хъæугæ кодта йе ’рчъицыи? Адæй- маг ныфсытæй цæры. Æмæ йын ныфс авæрæн куы ни- цæмæйуал уа, хорзæй ма исты æрцæудзæн, æви нæ, ууыл йæ зæрд’æ куынæуал дара, уæд ма цы у йæ цард? Ныр ма Цуца цæй ныфсæй хъуамæ цæра? Иæ цæргæ бонты кæдæй-уæдæй иу адæймагмæ бакаст мады, фыды, хойы, æфсымæры, æмкъайы, иууыл хуыздæр æмæ æввахсдæр хицоны цæстæй. Уыдон æмæ йын иууыл адджын æмгары ад чи кодта, фæзынд ын кæдæй-уæдæй ахæм адæймаг. Æмæ йын уыцы адæймаг ныффæдзæхста йæ уæзæг-хъæ- булы, йæ хъæбул-уæзæджы. Ныффæдзæхста йын æй. Уырдьн’æй дæр ын æй фæдзæхста æмæ цы сарæзта Цу- ца? Ницы сарæзта. Ныр уæдта... Нæ, Цуца уымæй _нæ- дæр йæхи бафæрсдзæн, нæдæр искæй. Ахæм хъуыды йæ сæрмæ не ’руадздзæн. Фæлтау... Иæ зæрдæ йын цыдæр . мастæнгас бæллиц сæлвæста æмæ йæ алывæрсты йæ* цæст ахаста. Ахаста къуымты йæ цæст. Кæйдæр фенын æй дзы тынг фæндыдис, фæлæ уым куы нæ разынид, сусæгæй уымæ бæллыд. Æмæ йæ бæллиц сæххæст. Фæн- дыд æй Саучызджы фенын. Æмæ йæ куы федтаид, уæд æй æнæмæнг бафарстаид. Бафарстаид æй, уыцы бæлц- 206
цон куы ’рцæуа, уæд кæм агура, уыцы бæсты йын цы уæзæджы хай ис, уыцы бæстæм ын æдзардæй, æнæрухс фенгæйæ цы уæзæджы хай фæцæуæг ис, уый? Цы йын æй фæкодтай? Афтæ йæ æнæмæнг бафарстаид йæ фыр- тыхстæй æмæ йын цы дзуапп раттаид? Цы йын загътаид зæронд? Никуы дзы йæ зæрдæ ницæуыл фæлæууыд. Цæ- мæй фæнды йæ ма фæрса, Цуцайы куыд фæнды, уый цæмæ фæбæллы, цæмæ фенхъæлмæ кæсы, ахæм дзуапл дзы никуыма райста, æмæ дзы ныр дæр тæрсгæ кодта. Цæмæйзон цы хуызы та йын ратдзæн дзуапп. Фæлтау æй ма зонæд æмæ йæхицæн дзæбæхдæр истæмæй ныфс бавæрдзæн. Дзæбæхдæр исты йæхицæн сныв кæндзæн æмæ йын афтæмæй æнцондæр уыдзæн цæрын, хуыздæр бонтæм æнхъæлмæ кæсын. Йæ уæзæгыл афтæ чи тыхсы æмæ уал ныр æнæуæзæг кæй фæкодта, уымæн искæд- бон истæмæй йæ зæрдæ барухс кæныны ныфсæй цæ- рын... Æмæ цæры. Æрдæг мардæй сынтæджы хуыссын, æмæ дыл хæдзары къултæ куыд ниуынц, хæдзары къуым- тæ куыд æрдиаг кæнынц, уый уынын, уымæ хъусын кæд цард схонæн ис, уæд цæры. Цæры. Хъизæмар кæны, мæгуыр. йе стыр зиан, йе стыр маст ын уый’ нæ кæны, йæ иунæгдзинад æй куыд æргæвды. Ау, хъæубæсты ’хсæн цæрай, дæ алыварс адæм цæрынц, уый хатай æмæ дæм дзы искуы исчи æрбауайдзæн, искуы дæ дзы исчи афæрс- дзæн, исты ныфсытæ дын авæрдзæн, зæгъгæ, уый дæм ма сдзурæд дæ зæрдæ! Хатт-иу йæхæдæг авæрдта йæ- хицæн ныфсытæ. Иæ зæрдæ-иу цæмæйдæрты фæфидар кодта: — Адæм сæхæдæг ныртæккæ тыхст сты. Удисыны бон дæр никæй ис. Мæн ма чи хъуамæ бацагура? Изæ- рыгæтты? Æмæ бонизæрмæйы уæззау куысты фæстæ йе онг кæй рахæсдзæн мæ цуры бадынмæ æмæ мæнæн ныфсытæ æвæрынмæ? — ахæм ныхæстæ-иу кодта йæхи- цæн, фæлæ та-иу изæрмилты уыцьт хъæлдзæг хъæлæба, фæндыры зæлтæ, фыдæнæнгæнæгау, куы æрбаивылдысты нæ фæрссагæй, уæд та-иу æм феххæлд йæ мидæнкъарæн. «Кæсыс, дæу абæрæг кæнынмæ, дæуæн ныфс авæ- Рынмæ никæй хæссы йæ фæллад онг, фæлæ сæ зарын, кафьш æмæ худынмæ дзæбæх куы хæссы уыцы фæллад °нг! Дæхицæй кæнгæ цы уыд; уый нæ сарæзтай йæ рæ- стæгыл æмæ ныр сайыс дæхи. Куы кастæ æмæ куы уыд- Тай, адæмы ’хсæн чи ис, адæмимæ æмдзæхтон чи у чын- Дзæй дæр æмæ чызгæй дæр, уыдонæн сæ цард цымыди- 207
«сондæр æмæ рæсугъддæр кæй у, уый куы уыдтай, уæд дæ цæстытæ цæмæн сæхгæдтай? Мидæгдон кæмæн фæда- рынц, ахæм нывопд фысы бынаты цæмæн ныллæууыдтае уыцы зæрондæн!..» — йæ мидæнкъарæнтæ:иу æй фæцæй- ардыдтой зæронды ныхмæ, фæлæ-та-иу уыцы уысм лæ- ’бурæджы мидæг æрбацис Саучызг. Æниу ын цæй лæ- бурыпы бонтæ уыд? Ныр цалдæр азы йæ къухмæ хала- мæрзæн нал райста. Фæтæнмæ нæ, уæлæ Къæнеты хуым- мæ дæр никуыуал ссыд иу дыууæ хосы бындзыджы" зербамбырд кæныны сæраппонд. Нал æй хаста йæ зæ- ронд уд, нал ын коммæ кастысты йæ зæронд уæрджытæ. Ныр та хæйрæг фестад. Æ, уас йæ мад амæла тасæн. Йæ хъуг зымæджы æххормагæй куы ныммæла, йæхæдæг *• æнæурсагæй куы ницы бакæна, уый тæссæй фæтæнмæ ’ нæ, фæлæ фæсрагъ нæ амидæг ис?! Æмæ ныр уыцы фæлладæй куы æрцæуы, уæд ма йын цæй лæбурæджы хуыз æмæ ахаст -вæййы, фæлæ Цуцамæ уыцы уæззау къахдзæфтæй куы æрбахизы, уæддæр ус, мæгуыр, йæхи, сагъæстæй зæрдæтыхст вæййы æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма йын йæ хъуыдытæ фехъуыста дардмæ æмæ нæм • лæбургæ æрбакодта... ’- Саучызджы-иу бæргæ фæндыд, мæгуыр, истæмæйты йын ныфс куы авæрид, куыд æй фæрсын байдайынц, устытæ, кæм ис, зæгъгæ, дæ гыкъына, æмæ сын уый цы æфсæнттæ фæкæны (горæтмæ, дам, ацыд йæ хæстæджы- тæм, йæ лæджы æрцыдмæ, дам, бынтондæр горæты æрцæринаг у, зæгъгæ, афтæ загъта зæронд æссивджы- тæн), уыдæттæ йын куы фæдзурид, уый дæр æй бæргæ1 фæфæнды, фæлæ ма боны куысты фæстæ йæ ихсыд уæнгты цы тыхы мур аззайы, уый йын йæхи æмæ Цуца- йы хъуг . радуцын, стæй æндæр уæлæнгай зылдтытæ акæныны фагæй фылдæр не свæййы. Æмæ та уайтагъд фæцæуæг вæййы йæ сынтæгмæ. Æниу, афтæ тагъд кæй ацæуы, абадын, аныхас кæнын сын кæй никуы бацай- дагъ вæййы, ууыл Цуца йæ мид-зæрдæйы сусæгæй бацин кæны... Науæд сæм, мыййаг, уæдта уыцы кой дæр æр- хауд. йæ зыцгхуыст бындар, йæ зæрдæдарæны^йэе бæлццоны уæзæджы хай цы фæцис, зæгъгæ, йæ, мыййаг, куы бафæрса, æмæ дзы йæ зæрдæ цы зæгъы, ахæм дзуапп куынæ райса, уæд бынтон йæ онг амæлдзæн. Æм# ,уыцы тагъд куы фæцæуæг вæййы,уæд дзы Цуцайæн иав зæрдæ барухс вæййы. п Фæлæ афтæмæй цæрын йæ бон нал уыд, мæгуьф’ æмæ йæ кæд йæ уæрджытæ рæстмæ нæ урæдтой, уæдД^. 308
сыстад. Гыццылгай йæхи райдыдта фæлтæрын. Афтæ хуысгæйæ бынтон ахаудзæн æмæ ма уыцы тыхст бæлц- цонæн йæ уæзæг чи хъахъхъæндзæн? Чи ма йын уыдзæн уæзæджы ныфс? Æмæ растад. Фыццаг уал сынтæджы бадгæйæ цыдæр митæ акодта. Йæ уат бадзæбæхтæ код- та. Стæй къуымтæм дæр фæныхылдта. Дон ма йæм фаг кæм уыд? Искуыдæй-искуыдмæ-иу ын Саучызг æрбаха- ста дон. Нуазыны æмæ дзы йæ цæсгомыл чысыл скалыны фагæй уæлдай ма цы аззад, уымæй къустæ ныхсадта. Цыдæртæ ма бакæрæдзимидæгты кодта æмæ та фæстæмæ схуыссыд. — Абон уал уый фаг у, науæд...—науæд цы, уый пал загъта, фæлæ ма кæдæй-уæдæй, йæ мид-зæрдæйы йæ мидбылты бахудт: «Мæ сынтæджы рабадын, мæ къуымты азилын дæр куынæуал уæндын уыцы усæй, уæд...» — Саучызгæй -афтæ тынг тæрсын кæй райдыдта, уый йæхицæн нæ барста æмæ-иу рахъавыд йæхи дзы расæрибар кæна, зæгъгæ йын, цы мын балæггад кодтай, уый дын мургай уæддæр бафиддзынæн æмæ мæ ныр мæхи адыл ныууадз. Рахъавыд-иу афтæ зæгъын, фæлæ... Цы дæ цы, тас! ...Фæлæ-иу уæддæр цыдæртæ сирвæзт Цуцайæ. Тынг- иу куы тыхст, уæд-иу æлгъыста йæ хъысмæты. Азымы-иу æй дардта, адæмæй, йæ хъæубæстæй йæ кæй иппæрд кæны æмæ йæм дзы ныр рынчынфæрсæг уæддæр кæй ничи æрбауайы, уый тыххæй. Зæронд та зыдта, хъысмæт бынтондæр кæй ницы давы, уый. Зæронд тæрсы йæхи- цæн. Рагæй фæстæмæ тæрсы æрмæст иу хъуыддагæй: дзæгъæлæй, æнæцæстытыл æрхæцæгæй куы амæла. Уы- мæй тæрсы, æндæр ницæмæй. Цæргæ иунæгæй тар хъæ- Ды дæр фæкæндзæн, нæдæр бирæгътæй фæтæрсдзæн æмæ нæдæр фыдбылызтæй. Кæм ис йæхицæй бирæгъдæр æмæ йæхицæй фыдбылыздæр? Æппындæр никуы æмæ пын уыдон ницы ракæндзысты, фæлæ мæлгæ куы кæна, уæд йæхицæн йæхи уæлхъус фæлæууæг кæй нал уыдзæн, йæхицæн йæ цæстытыл æрхæцæт кæй нал уыдзæн, уый фидарæй зоны æмæ уымæй тæрсы, æндæр ницæмæй. Бмæ уый тыххæй хæцы рагæйдæр фидар йæ фьтрты рохтыл, Газаны рохтыл (æниу уымæн ницы бафæрæзта, апрвæзт ын), Цуцайы рохтыл дæр рæстæгыл æрхæцыд стчтае Газан бæргæ афæлвæрдта уый дæр йæхийау уæгъ- Дидонæй ауадзыныл, фæлæ йæм дзæбæх фæцырд ис зæ- Р°нд. Æрхæцыд ын сыл æмæ ныр цыдæртæ куы сдзуры, иае хъысмæты куы фелгъиты æмæ йæм куы фердхъи- *4 Къæбысты 3. 209
рæнтæ кæны, зæгъгæ ма, кæд мæ къахыл слæууон, уæд мæхæдæг зонын, дæу нал бафæрсдзынæн, хъысмæт, уæд зæрондæн йæ зæрдæ фæцæй скъуыйы. Нырмæ, нырмæ нæ, фæлæ цалынмæ йæ лæппу йæ цуры уыд, уæдмæ йæ цæмæйдæр ныфс уыд. Æппын куы ничи уа, уæддæр ын уый æрхæцдзæн йæ цæстытыл, уый уыдзæн йæ цуры, фæлæ йын ныр Цуцайæ дарддæр ныфс авæрæн никæ- мæй ис. Чи йын цы зопы, йæ лæппу кæд æрæздæхдзæн уыцы фыдæбоны балцæй. Уæдмæ ма фæцæрдзæн Сау- чызг? Æмæ куынæ фæцæра, уæд Цуцайæ хуыздæр чц уыдзæн йæ цуры? Мыййаг æм æз фæраздæронæй куы пæ згъордзысты, ацы хъæуы цæргæйæ иу адджын ныхас уæддæр кæимæ никуы скодта, уыцы устытæ! Мæ хур акæн! Йæ аууон ын топпæй чи æхсы, фæсфæдæй йын йе ’счъилнуæрттæ чи лыг кæны, уыдон дын куыд нæ æрба- лæудзысты йæ уæлхъус! Æмæ тæрсы, мыййаг, ацы æнæн- тыст дæр йæ къухæй куы аирвæза, уæд æм уый дæр фездахдзæн йæ фæсонтæ, уый дæр æм нал æрцæудзæн хæстæг. Зоны сæ хъæуы устыты æвзаг. Уыдои ’дыууæ мадызæнæджы дæр кæрæдзийæн знаг фестын кæндзы- сты цæсты фæныкъуылдмæ... Æмæ тæрсы. Æмæ, мый- йаг, исты куы фæхаты, Цуца йæ сынтæгæй рахизыныл фæлвæрдта, зæгъгæ, ахæмæй ’исты куы фæхаты, уæд ын алывыд акалы. Нырма дæ уæрагыл куынæ лæууыс, уæд цытæ кæныс уый?! Иу æнамонддзинад кæй æрхаг стай ацы уæзæгмæ, ацы уæзæг ма йæ уæзæджы ном кæй фæрцы райстаид, уыцы ныфсæй йæ æнæныфс кæй фæ- кодтай, уый дын фаг нæу? Ныр та ма сæм ног фыдбы- лыз кæдæм ласыс? — афтæ йæм фæхæцы. Æниу ын æнæсыстгæ дæр цы хос уыдис? Тæккæ хос-~ гæрдæны рæстæг! Адæм сæхæдæг сæ къухтæм æмхасæн- тæ кæнынц. Йæхи, стæй иумиаг фосы хъуырæй йæ мады- зæнæджы æххормаг хъуджы тыххæй.дæр чи фелвасдзæн йæ хосы бындзыг? Чи хъуамæ разына ахæм? Цуцайæн йæ зæрдæ ахæмæй никæмæ æхсаны æмæ йын йæ дуд- гæбоп, йе ’стыр фыд; йæ низ уый нал кæнынц, йæ хъу- джы мæт æй куыд домы. А, уæныг дæр ауæй кæндзæн, рæуæд дæр æй нал хъæуы, фæлæ йæ хъуг. Йæ иунæг хъуджы куыд рауæлдай кæндзæн? Уый йын канд хъу- < джы бынаты дæр куынæ ис. Ныртæккæ йын хæлар ( адæймаджы, мад, фыды хо, æфсымæры, удæн иууыл адджындæр уæвæгойы быпаты дæр уый куы ис. Уыим^е ма куы акæны адджын, зæрдæбын ныхæстæ! Саучызг ын уый ад никуы скæндзæнис. Уый йæ дзурын никуы 210
суадзы. Цы фæнды кой скæн йæ цуры, кæй фæнды кой сæм ма æрхауæд, ахæм æбуалгъы хъуыддæгтæ дзы ра- дзуры æмæ Цуцайæн, мæгуыр, йæ уд сцæйхауы фырдис æмæ" фыртæсæй. Иæхи йын дзурын ’никуы бауадзы. Ды, дам, царды нырма ницы федтай æмæ, дам, дæм дзьщды бар нæма хауы. Хъуг æндæр у! Уый йæм фæхъусы тынг зæрдиагæй, йæ алы дзырд, йæ алы хъуыдыйыл дæр ыи уыцы дзæбæх сразы вæййы æмæ та уымæн дæр йæ зæр- дæйæ маст, катай айсæфы. Æниу, бынтон нæ айсæфы, фæлæ йын фæрогдæр вæййы. Цæрыны ныфс та йæм фæ- зыны... Æмæ ныр уыцы иузæрдион æмдзæрины холла- джы фыдæй ауæлдай кæн! Уый уыдзæн иууыл стырдæр фыд Цуцайæн æмæ йын нæ бабыхсдзæн. Фæлтау йæхæ- дæг уый разæй фæуæд, цæмæй зона, цæмæй хата, куы мæла, уæд уым хæстæг кæй уыдзæн, йæ амæлæтыл ын пууыл тынгдæр чи фæрисса, йæ уыцы иузæрдион хæлар, йæ хъуг. Æмæ сыстад. Нырма дард ацæуынтæн, исты уæззау куыст бакæнынтæн нæ уыд, фæлæ уал хæдзары цыдæр^ зылдтытæ кодта. Нал хъуыста Саучызджы загъд-зама- намæ дæр. Адæймаг йæ хæдзары къуымтыл куыд сахуыр вæййы, афтæ сыл сахуыр ис æмæ сæ уадиссаг нал иста йæ зæрдæмæ... Фæлæ та йæм иу хатт ахæм хабар æрбахаста æмæ дзы Цуца æцæгæй фæтарст. Æцæгæй йын уыд тынг зын æмæ та ногæй йæ зæрдæ куы бахъарм уа, ногæй та пæ зонд куы атарытæ уа, уый тæссæй уазал доны ведра- йы цур абадт. Хъæдын къусы дзы фелвæста. Хуыппытæй дзы ныуæзта, афтæмæй хъуыста зæрондмæ. — Кæд дæхæдæг мæн сусæгæ’й никæмæн ницы ныфс бавæрдтай, кæд дæхæдæг сусæгæй ницы фыдбылыз ныф- фæнд кодтай, уæд ахæм ми чи хъуамæ бакодтаид! —-йæ сины сæртыл хæцгæйæ, хъæр кодта Саучызг. ч Цуца ницы йæ сæрæн зоны æмæ цы зæгъа зæрондæн? йæхи цæмæй сраст кæна, ахæмæй йæм ницы ис. Ис æм дзырдтæ. Сомы дæр ракæнид. Иæ дзырдтæ цыхуы- зæнфæнды сомытæй уырнын кæнид, фæлæ кæмæн? Сау- мызджы дзырдтæй кæ басæтдзынæ. Æмæ уымæ та æн- Дæр ницы ис. Ницыдæр зонгæ кæны. Дысон замманайы мæйрухс æхсæв уыд. Изæрмилтæ куыддæр хъæуыл сæхи асæрфтой, афтæ мæй уыцы цæлхыдзагæй стылдис арвмæ ^мæ йзæрмилты ныссæрфта. Ныссæрфта сæ йæ рухс фæччитæй. Кæмдæрты ма йын дзы баззад. Бæлæсты 211 ,
бынты æмæ йын дзы хæдзæртты аууæтты аззад, фæлæ уымæн ницы у. Кæд баххæссид уыдонмæ дæр... Æмæ Цуца балкъоныл абадт иудзæвгар. Саучызг дæр æй абæрæг кодта, фæлæ уайтагъд ацыд. Колхозы куысты фæстæ ма кæмдæр йæхицæн хæмпæлтæ ракарста æхсырфæй. Хур сæм дзæбæх кæдæм æркæса райсом,— ахæм рæттæм сæ æрбайста æмæ бафæллад, мæгуыр. Йæ бон бирæ бадын нал бацис æмæ атындзыдта хæдзармæ. Цуца ма уый фæстæ дæр иудзæвгар абадт, стæй уый дæр схуыссыд. Схуыссыд æмæ уайтагъд арæдзæ-мæдзæ кодта, фæлæ ма уæддæр иу хатт йæ дъустыл цыдæр уынæр ауад. Уæрдоны цæлхыты тулыны хуызæн уынæр^ ауад йæ хъустыл æмæ исдуг афæнд кодта, сыстон æмæ йæм мæ хъус адарон, зæгъгæ, афæнд кодта исдуг, фæлæ йæ иуæй йе ’онг нал рахаста сыстынмæ, иннæмæй та йæ хъустыл æххæст æууæндгæ дæр нæ бакодта. Нырма адæм сæ тæккæ хос кæрдын æмæ ссивыныл сты. Хос ласынмæ никæйма æвдæлы. Стæй уыцы уынæр кæд цыд йæхи цæхæрадоны ’рдыгæй. Уæрдон батулынæн цæхæ- радонмæ наз фæйнæджытæй дуар кæм ис, уыцырдыгæй йæм хъуыст уыцы уынæр æмæ йыл æххæст нæ баууæн- дыд... Афтæ дывæнд хъуыдыты уæзæй уайтагъд афы- нæй ис. Налдæр уынæр ауад йæ хъустыл, налдæр хъæ- лæба æмæ райсоммæ йæ къах дæр нал атылдта. Райсом куы сыхъал æмæ уыцьГ тыхтытæй скъæтмæ куы рацыд хъуг радуцынмæ, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд дысоны хъæлæба æмæ ахызт цæхæрадонмæ. Ныфс æй ницы уыд, фæлæ уæддæр яхъахъхъæнон, зæгъгæ, æмæ... Ныр та йæ цæстытыл нал баууæндыд: цæхæрадоны кæрон, ай- размæ, цалынмæ нæ фæрынчын, уæдмæ кæм ракарста, уый йын æнæссывд баззад. Иæ фыртыхстæй йæ ферох ис, æндæра йæ Саучызгæн уæддæр æрбатымбыл кæнын кодтаид. Бирæ ницы у. Иу дадæг-цъери дзы чи зоны æрæмбырд уа, уæд уый дæр дзæбæх у... Фæлæ йæ ферох ис æмæ йæ стæй та уадзгæ ныккодта. Цæмæн ма, дам, сбæздзæн уæддæр? Ныр ын дысон чидæр йæ карст кæр- дæг иу ранмæ æрбамбырд кодта æмæ йын йæ бынаты рæгъæй æрæвæрдта æртæ дынджыр цъерийы. Цуца сæм чæсы. Цъеритæ дæр æм кæсынц. Цъеритæ йæм ахæм каст кæнынц, цыма йæ зонынц æмæ йæ мæстæй марынц. Цуца та сæ нæ зоны æмæ сæм мæсты-дызæрдыджы каст кæны. Иу дзæвгар сæм фæкаст, стæй раздæхт- Ницыдæр хъуыды акодта, ницыдæр зæгъын бацис йæ бон. Цы хъуамæ ахъуыды кодтаид, кæнæ загътаид? 212
Æмæ ныр Саучызгмæ разынд зæгъинаг дæр æмæ хъуыдыйаг дæр. Изæры куыстæй ууылты æрбацæйцыд. Райсомæй цæугæ æндæр рæтты акодта æмæ сæ нæ фед- та. Ныр ууылты æрбацæйцыд æмæ сæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Алыгъуызон хъуыдытæ йын фæйнæрдыгæй фæлæбурдтой йæ зæрдæмæ æмæ йын пыссæххæтт ласта... Иууылдæр уæззау уыдысты уыцы хъуыдытæ, фæлæ дзы сегасæй уæззаудæр уыдис иу... Æмæ йын уый куы фæныхылдта йæ зæрдæмæ, уæд æй скæунмæ бирæ нал бахъуыд. Нал æй бахъуыд скæуын- мæ бирæ, фæлæ йæхи. ныуурæдта. Куы скæуа, уæд хъуа- мæ хъæрæй кæуа æмæ йæ нæ фæнды. Хъæубæсты йæхи- мæ æрыхъусын кæна, уыйбæрц хæрзиуæг сын сараза, уæлдайдæр та йæм æрвылхатт къæпп-къæпп чи кæны, уыцы устытæн, уый йæ нæ фæнды æмæ йæхи ныуурæдта. Уæддæр йæ уæрджытæ æрхоста æмæ комкоммæ ацыд Цуцатæм, Бацыд сæм лæбурæджы цыдæй æмæ йæ фыццаг фарст уыд сабыр, хиуылхæцгæ: — Чи ’рбаласта уыцы цъериты цæхæрадонмæ? — Ницы йын зонын æз дæр, — йæ уæхсчытæ фел- хъив-фелхъив кæны, афтæмæй дзуры Цуца. — Ницы мæ сæрæн зонын. Райсом сæ федтон. Дысон дæр цыдæр уынæр хуысгæуатмæ ауад мæ хъустыл. Уæрдоны цæл- хыты уынæры хуызæн ауад мæ хъустыл, фæлæ мæ сын- тæг йæхимæ æгæр æрæлвæста. Балкъоны æгæр бирæ абадтæн æмæ мыл хуыссæг фæхæцыд, æндæра сæм хъуамæ акастаин. Стæй æнхъæл дæр ницы уыдтæн. Ныр сæ райсом федтон æмæ абондæргъы хъуыды кæнын, чи хъуамæ уыдаид, ууыл, — йæхи æруагъта сынтæгыл. — Ау, æмæ*йын, уæдæ, кæд ды ницьГзоныс, уæд чи’ фæзæрдейæ ис Дзылытыл? — нæ йæ бауырныдтой Цуца- йы ныхæстæ æмæ йæм ныууырдыг ис. — Чи сыл фæзæр- дейæ ис æмæ сын уыцы дынджыр цъеритæ чи æрбаласта сæ цæхæрадонмæ? Иырма йæхи хæдзармæ иу æргъом куыничи æрбахаста, уæд Дзылытыл чи фæзæрдейæ ис? — Ницы мæ сæрæн зонын, — уæддæр йæхи раст кæны Цуца. Иæхи раст кæны, фæлæ йæм чи хъусы. — Зоныс æй, мæ чызг, — бандон хæстæгдæр æрба- кодта сынтæгмæ æмæ йыл æрбадт. Æрбадт ыл æмæ та сфæлхат кодта: — зоныс æй, мæ чызг. — Æмæ уыцы «мæ чызг» афтæ нæрыд йæ хъæлæсы... Нæргæ нæ. Дзур- гæ нæ. Дзургæ йæ ныллæг хъæлæсæй кодта, фæлæ йæ ахæм хуызы дзырдта æмæ Цуцайы уæнгты иннæрдæм хызт. Ноджы дзы йæ цæстытæ ныссагъта æмæ йын йæ уд 213
сцæйæлвæста уыцы тызмæг цæстæнгасæй. Цыдæргъуы- зон дзы старст æмæ къулырдæм абырыд, фæлæ йын уый дæр ницы баххуыс кодта. — Кæдæм фæнды лидзай æмæ ласай дæхи, уæддæр дын мæ дзæмбытæй аирвæзæн никуыдæм ис, — равдыста йæм йæ хус æрмттæ. — Адон сты нырма Дзылыты уæзæджы хицау æмæ дын уыдо- нæй алидзæн никуыдæм ис. Кæд лидзыс^ кæд дын ацы уæзæг ад нал кæны æмæ дæ дæ буары судзаг искæдæм ласы, уæд ацы уæзæгыл иæ. Уæд ацы уæзæгмæ ма ласын кæн цъеритæ, фæлæ дæхæдæг дæхи алас ардыгæй... — Ныууадз ма мæ мæ мæгуырыл, — скуыдта Цуца. — Ныууадз мæ! Ницы сын зонын. Ме ’дзард хъæбулы цæсгомæй дын сомы кæнын, ницы сын зонын. Ацы сомыйæ чысыл фæсаст зæронд. Зоны йæ, мадæн йæ хъæбул цыхуызæн фæндыйæ дæр хъæбул у æмæ уымæй мæнг сомы нæ зæгъдзæн, уæлдайдæр та йын йæ мæрдон цæсгомæй. Æмæ чысыл фæсаст, фæлæ йæм ныр та æндæргъуызон хъуыдытæ фæзынд: — Уæдта нын’ чидæр фыдвæнд скоДта. Чидæр ныл кæнæ къæрныхы ном сæвæрынмæ хъавы, кæнæ та нын фæндæй, аивæй, æнæхъаугъайæ нæ уæзæг йæхи бакæ- нынмæ хъавы. Нырма уал дзы цъеритæ æрæвæрдта,- стæй стырдæр исты æмæ... Фæлæ уый бар æз никæмæн ратдзынæн. Тæккæ райсом мæхæдæг сæрдармæ бацæу- дзынæн. Бацæудзынæн æм æмæ кæд, мыййаг, дæ зæрдæ- мæ исты хæссыс, уæд мын æй рагацау зæгъ! — ноджы ма дзы иу хатт йæ цæстытæ ныссагъта, фæлæ йын цы хъуамæ загътаид?.. Ирд æхсæвы æртæхæй хæрзæхсад райсом уыдис. Цуца йæм фæрссагæй акаст. Æртæхæй хæрз æхсад рай- соммæ. Ие ’хсыны æртæхтæй фæрссæгтыл æрбапырх ис æмæ райсомы хъарм нæма басдæрдта уыцы доны пырхæнты. Нæма сæ ныссæрфта æмæ æвгтæ лæзæрды* хуызæнæй зындысты. Æмæ уыцы лæзæрдтыты зыхъ- хъыртæй арв, ногæлхæд кæлмæрзæнау, уыцы лæгъз æмæ цъæхæй зындис. Фæлæ уыцы хæрзæхсад райсом æмæ арвы цъæхыл Цуцайæн йæ зæрдæ нæдæр цин ба- кодта, нæдæр дзы æрхæндæгдæр фæцис. Цы уыдис, уый’ федтой æрмæст цæстытæ. Зæрдæ сæм нæ райхъалис, нæ сæм акаст æмæ йын уый зын уыд. — Сыджыт дæ бахæра, кæд дæ дурæй не ’счынд, — бауайдзæф кодта йæ зæрдæйæн. Фæстаг рæс\гæджы/ куыд фæцайдагъ, афтæ йын хъæрæй дзургæйæ бауай- 214
дзæф кодта. — Куыницыуал дæм хъары, уæд дыл цы марды сыджыт ныккалд... >Æмæ ууыл ныууадзинаг нæ уыд йæ хивæнд зæрдæйы. Хъуамæ йын алывыд фæкалдтаид. Мæстыйæ æцæгæлон адæймагмæ куыд фæхыл кæны адæймаг, афтæ хъуамæ фæхыл кодтаид йæхи зæрдæмæ, фæлæ цыдæр уынæр ауад йæ хъустыл æддæрдыгæй. Чидæр цыма кæрты дуар лæдзæгæй æрбахоста, афтæ йæм фæкаст æмæ фе- стад. Иæ псултæ кæыыныл фæцис. Æмæ йæ къаба йæ уæлæ куы æрæппæрста, уæд~ сæм чидæр æрбадзырдта. Газаны номæй сæм чидæр æрбадзырдта, æмæ ус тынг фæджихау ис. Никуы сæм ничи æрбадзырдта. Дзургæ та куыд нæ? Цалынмæ Газан ам уыд, уæдмæ-иу æм арæх æрбадзырдтой хъæуы лæппутæ. Уæд ахуыр уыд уыцы æрбадзырдыл æмæ йæм диссаг нал каст, фæлæ уый куы ацыд, уæдæй фæстæмæ сæм ничиуал æрбадзырдта. Цæу- гæ дæр сæм никуыуал ничи æрбакодта Саучызгæй дард- дæр. Æмæ- уый дзургæ никуы æрбакæны. Комкоммæ æрбараст вæййы. Асиныл цалдæр къæпхæны уæлдæр куы схизы, уæд -уырдыгæй иу цыбыр хуыфт" бакæны, æмæ уый вæййы йе ’рбацыды фидиуæг. Æмæ сæм ныр чидæр Газаны номæй куы æрбадзырд- та, уæд тынг фæдис кодта. Исдуг æм афтæ дæр фæкаст, цыма Газан н’икуы никæдæм ацыд. Алы хатт дæр вæййы йæ хæдзары æмæ та йæм йе ’мбæлттæ æрбадзырдтой. Æмæ йæ ацагуырдта. Фыццаг æй ацагуырдта, Газан рагæй кæм никуыуал хуыссыд, йæхæдæг йе ’хсæвтæ иунæгæй æмæ фыдæбойнагæй кæм æрвиты, уыцы сын- тæджы. Уым куынæ разынд, уæд ма йæ къуымты дæр аиагуырдта пæстæнгасæй. Уым дæр нæ разынд æмæ цыдæр, цыма, йæ зæрдæ сцæйхъынцъым кодта, афтæ йæм фæкаст. Æмæ, Газан хæдзары разындзæн, зæгъгæ, уымæй йæ куыд ницы ныфс уыд, афтæ йæ йæ зæрдæйæ дæр ницы уабæрæг ныфс уыд. Исты ма йæм бахъара, уый ныфс æй нал уыд æмæ йæм ныр афтæ куы фæкаст, уæд æм хъуамæ бæстондæр ныхъуыстаид, фæлæ уæдмæ ногæй æрбадзырдæуыд. Уæдмæ уымæн дæр йæ дзаумæт- тæ нывыл конд уыдысты æмæ уыцыиу растæй рацыд балкъонмæ. Гæзæнхъæдыл йæ æрмттæй æрæнцад æмæ акаст кæртмæ. Уым, кæртмæ æрбахизæны лæууыд кол- хозы иу!дзонгон сæрдар Хадзы. Урс финæгтимæ хæсты; Дам, ахауд йæ цонг æмæ, дам, æй ацы хæстмæ уый тых- хæй нал акодтой, афтæ æрæхъуыста Цуца, фæлæ йæм кæсгæ никуы бакодта. Куыд æмæ кæуылты, стæй йын 215
кæцы цонг уыдис хауд, уый дæр нæ зыдта, никуы йын а^й федта. Ныр йæ кæрты къæсæрыл лæууыд уыцы иудзонгои сæрдар. йæ рахис къухæй хæцыд дуары разайыл. Галиу цонг дæр уæхскæй уыцы æмдымбыл рацыд, фæлæ рбн- бастæй чысыл уæлдæг къæссайы комау фæнарæг ис ^ æмæ чысыл дæлдæр та уыцы тъæпæнæй фæтæн роны * мидæгæйты ныххызт. л(} «Уым донг нал ис, уый афтид дыс у,» — цæмæндæр ’ афтæ бакодта Цуца йæхинымæры æмæ йæ цæстытæ- ратыдта уыцы афтид дысæй. Зын кæсæн уыд уырдæм. Уыцы афтид дысы мидæг цыма ныртæккæ хæст цыдис , æмæ дзы дунейы адæм кæрæдзи рассæнд-бассæнд код- той, афтæ йæм фæкаст æмæ йæм йæ бон бирæ кæсын нæ бацис. Фæлтау бакаст лæгæн йæ æнæдаст, къæсхуыр цæсгоммæ. Уый уыд тынг фæллад, фæлмæцыдгъуыз. Цыма йæм дзурын дæр нæ цыд, афтæ зынд. Æнæуый дæр иудзæвгар ницы сдзырдта. Цыма Цуцайæн йæ аф- тид дыс æмæ йæ æнæдаст цæсгоммæ бакæсыны фаг рæстæг лæвæрдта, уыйау иудзæвгар ницы сдзырдта; стæй... — Дæ райсом хорз уа, — гæзæмæ сыхъуыстысты ацы ныхæстæ Цуцамæ. Сыхъуыстысты йæм тæфæрфæсы æр- хæндæг ныхæсты хуызæн æмæ йæ цæсгом афæлурс. Са- ламæн дзуапп раттын дæр йæ бон нал бацис. Тынг кæй фæтыхст, уый федта иудзонгон сæрдар æмæ суагъта дуары • раза. Кæрты астæумæ æрбацыд. Æвæццæгæн уымæй хъæрдæр дзурын йæ бон нæу æмæ йын йæ ны- хæстæ фысым дзæбæхдæр цæмæй хъуса, уый тыххæй æрбацыд хæстæг. — Дæ бæлццонæй фыстæг-бæрæг рагæй кæй нæ уыд, уый зонын. Æниу, рагæй дæр цас у? Дыууæ къуырийæ бирæ фылдæр нæ уыдзæн, фæлæ ныртæккæ иу бон дæр иу афæдзы ад кæны æмæ уый тыххæй бирæ зыны. Фæлæ уыдæттæ зонын, мæ хур. Уырдыгæй цы хъуысы, уыдон хуыздæр зонын, мæнæ нæ ихсыд хъæуы цытæ цæуы, уыдонмæ абаргæйæ. Æнæфæразгæ кæй уыддæ, уый дæр мæнæ дыууæ-æртæ боны размæ фехъуыстон. Æмæ, йæ бон ныккалæт Дзылыты зæронд, — ам цыма истæмæй тæрсгæ фæкодта, уыйау йæ цæст ахаста кæртыл, йе ’уæхсчы сæрты фæстæрдæм дæр акаст. *— Ацы уæзæг, дам, мæныл фæдзæхст у æмæ, дам, мачи дæр йæ тæф- тыл цæуæд, мачи дæр йæ кой кæнæд. Уый тыххæй дæм устытæй дæр ничи æрбауайы, фæлæ ныххатыр кæн... Уæртæ уыцы цъеритæ æндæрæхсæв лæппутæ æрбаппæрс- 216
той. Правленийы рахæстам ахæм фæндон æмæ сæ мæй- рухсы уæлæ Хæрисджынæй æрбаластой. Уæддæр, дам, фосæн хизæнтæ расæрибар хъæуы æмæ... — Æмæ цы фыдæбон кодтат? Цы мыл фæзæрдейæ- стут? — уыцы цъериты тыххæй йын дысон зæронд цы> маст скодта, уый æрбаймысыд æмæ ныр йæ маст искæ- уыл ь;ы ныккалид, уый йæ фæндыд æмæ уый тыххæй- фескъуыдта сæрдары ныхас. — Йæ фырхъалæй дыл ничи фæзæрдейæ ис, фæлæ* ацы хæдзары хицау негасы сæрвæлтау уыцы тугкалæн балцмæ фæцыд æмæ ныл иумиаг æфсæрм ис. Дæхæдæг дзæбæх куы уаис, хосгæрдæны тæккæ тæмæны куынæ фæрынчын уыдаис, уæд дыл афтæ тынг нæ батыхстта- иккам. Дæхæдæг сæрæн адæймаг дæ. Исты амæлттæ кодтаис, фæлæ... Æмæ сæ лæппутæ æрбаппæрстой. Мæн та ныртæккæ уыцы хабар дзурæг ничи кодта, нæдæр мæ æвдæлгæ кæны, фæлæ мын райсом не ’фсин афтæ зæгъы, уыцы ,зæронд, дам, æнæмæнг истытæ мысдзæн æмæ, дам, маст кæндзæн мæгуыр усæн, фæлæ, дам, бацу æмæ, дам, ын сæ зæгъ. Куыд уыд, уый, дам, ын зæгъ. Цуцайæн йæ зæрдæ æрбауынгæг. Диссаг куыд нæ- у? Кæддæрты цы иугай ныхæстæ фехъусы хъæубæстæй, уыдон кæд вæййынц афтæ, цыма сæм исчи хъуыста. Цыма исчи хъуыста, зæронд ын цытæ фæдзуры, уыдон- мæ. Ау, цавæр тынг ын базонынц йæ ахаст, йæ зæрдæ- йыуаг? Уæдæ йæ Цуца цæуылнæ базыдта афонмæ æмæ> дзы йæхи атонын цæуылнæ бафæрæзта?.. —.Уыдон дæ папиты фаг кæм уыдзысты нырма, фæ- лæ дæм хъæмпытæ йедтæй дæр фæкæсдзыстæм. Дæ- хæдæг та дæхимæ фæкæс, мæ хур. Ныртæккæ дыууæ цонджы нæ колхозæн цæй аргъ сты, уый зоныс? — афтæ ма бакодта сæрдар æмæ ацыд. Кæрты дуар дæр нал сæхгæдта. Æниу æм бакæстытæ кодта, фæлæ йæм æв- налгæ нæ бакодта. — Æвæццæгæн, йæ иу къухæй йæ ныфс нæ бахаста дуар сæхгæнынмæ, — зæрдæрыстæй афтæ бакодта Цуца æмæ æдзынæг каст, сæрдар йæ ныфс æхгæнынмæ кæмæ нæ бахаста, уыцы дуармæ. Каст æм, цалынмæ, йæ хъуг радуцинаг кæй у, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд, уæдмæ, стæй... Фæлæ та тæккæ скъæты раз æндæр цыдæр æр- баймысыд æмæ фæзылд. Ведра мæнгагъуысты рагъæн- ыл ацауыгъта æмæ... Кæрты дуарæй куы бахызт, уæд Саучызг асиныл 217
æрцæйцыд, йæ къандзолы дысты йæ цæнгтæ тъысгæйæ. Цуцайы куы ауыдта, уæд дзыхълæуд фæкодта. «Уæддæр мæ нæ бахызта хуыцау, мæ зæрдæ цæмæй тарст, уымæй, — йæ мидзæрдæйы ныхъхъынцъым код- та зæронд. — Цыдæр азым йæхимæ хаты ацы гадза. Дысон мын йæхи сомытæ гæнæг скодта. Æ, йæ намыс чи бахордта, уыцы гадза! Нæ уæзæджы бындары нын йæ хуылфы ныммардта, цæмæй дзы фервæза æмæ сæрибарæй къукъуриццытæ кæна уыцы цъериты фæрстæм æхсæвы- ■ гæтты. Æмæ йæм уый фаг нæ фæкаст, ноджы ма мын дзы карз сомытæ дæр фæкодта. Уый афтæ æнхъæлдта, бау- уæнддзынæн ыл æмæ мæхицæн æнцад сбаддзынæн. Ныр фæтарст. Ие ’мбисонд хъæуыл куы ныхъхъæр уа, уымæй • фæтарст æмæ мæм æрбацыд, цæмæй мæ бакъуылымпы кæна. Балæгъстæ мын кæна æмæ мæ дзыхыл цъутта сæ- ; вæрон. Нæ дын атулдзæн, гадза!» — Ацы хъуыдытæ ца- лынмæ йæ мидзæрдæйы нывæста зæронд, уæдмæ сæ дыу- уæ дæр æдзынæгæй лæууыдысты. Дыууæ знагау уыцы салд цæстæнгасæй кастысты кæрæдзимæ, стæй зæронд фæрæвдз ис. — Цæй, куыд у? Фæсмон дæм æркаст æви æндæр исты æрымысыдтæ? — йæ размæ уыцы сындæг къах- дзæфтæй цæугæйæ сдзырдта. — Алæ, мæ тæригъæд та дын зæгъон, — йæ мидбыл- •тк уазалхудт бакодта Цуца. —Чысыл раздæр сæрдар махмæ уыд... — Æмæ? Иоджы ма дын цæмæйты ныфс бавæрдта, цæмæй йæ хуыздæр рæвдауай? — йæ ныхас ын фес- къуыдта. — Уыцы æбуалгъы ныхæстæ мысгæ кæцæй æркæ- ныс? — нал æм фæлæууыд,уый дæр: —Правленийы ра- бадты, дам, бадзырдтам, рынчын дæн тæккæ хосгæр- дæыы æмæ цæмæй мæ хъуг уæййаг ма фæуа, уый тых- хæй мын баххуыс кодтой... - — О, æз зонын ацьт сæрдæртты, — йæ къух ауыгъта зæронд. —Сæ къухы сты правнелийæ дæр æмæ æндæр- æй дæр. Цæуылнæ хъуамæ аразой сæ чъизи хъуыддæг- ты фæндæй æмæ нывыл? Чи сæ бакъуылымпы кæндзæн? Фæлæ ам нырма мæ цæст æрттивы æмæ мæ уæзæгыл чъизидзинад саразын никæмæн бауадздзынæн; Чысыл- дæр дзы исты куы фæхатон, уæд ын иннæ къух та æз ракæндзынæн. Дæндагæй йын æй уæддæр бахсындзынæн •уыцы куыдзæн... — Ныууадз, дæ хорзæхæй, — фæзылд Цуца æмæ ма 218
йæ дзырдмæ бафтыдта: —Алы ранæй дæм фыдбылызтæ а?мæ чъизидзинæдтæ цæмæн зыны, уый диссаг у!? * * * Госæйы цæстытæй цæссыджы æртæхтæ .хъуызыдысты сусæгæй. Цæсты дæлтъыфылæй-иу куы раирвæзтысты, уæд уал-иу уым алæууыдысты. Фындзы рæбын уал-иу банхъæлмæ кастысты хуыздæр уавæрмæ, стæй та-иу уыцы ссывдтытæ лæнчыты уырдыгмæ æрхъуызыдысты. Госæ-иу сæ нæ базыдта, цалынмæ-иу былы кæрæттæй нæ расхъиудтой æмæ-иу уæрджытыл сæ тъæпп-нæ фæ- цыд, уæдмæ. Былæй-иу куы- рацæйхаудысты, уæд ма-иу сæм уырдæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ дзы йæ къухы ницы бафтыд. Чи зоны, къухы уым банхъæлмæ кæсын хъуыд, афтæ тынг кæмæ мæсты кодта, уыцы цæссыгтæм. Чи зоны дзы иу уæддæр бафтыдаид йæ къухы. Фæлæ ма дзы æндæр æрхæццæ уыдзæн уырдæм, ууыл никуы ахъуыды кодта. Цуца ахæм зæрдæрыстæй дзырдта йæ хъизæмайраг хабæрттæ, æмæ Госæйæн никуы фæцис æндæр истæуыл ахъуыды кæныны фадат. Нæ йæ æв- дæлд æндæр истæуыл ахъуыды кæнынмæ... Æмæ Цуца Саучызгæн уайдзæф кæнын кæм бафæрæзта, уым куы ныллæууыд, уæд дæр ма йæм иу дзæвгар уыцы æдзы- нæгæй фæкаст, стæй йын йæ астæуыл йæ цонг æрба- тыхта. — Цымæ дæм афтæ комыхæлд цæмæн фæцис хъыс- мæт, йе ’гæр фæкала? — сдзырдта æрхæндæг хъæлæсæй æмæ ныр йæ цæссыгтæ дæр нал баиргъæвта. Цыма йæ нал хъыгдардтой, афтæ йæм фæкаст æмæ сæ ныууагъ- та сæхи адыл. Ныууагъта сæ, æмæ сæ Цуца куы федта, уæд йæхи зæрдæ дæр æрбауынгæг ис. Нырма уый дæр ие ’вдæлд йæ цæссыгтæ калынмæ, зæрдæуынгæгтæм. Ныр цыма йæ уæхскæй уæззау уаргъ райста æмæ йын йе ’мбис Госæйы уæхскыл æрæвæрдта, афтæ рог бан- къардта йæхи æмæ йын кæуын дæр фенцондæр ис хъуы- ды кæнын дæр. — Цæмæн дæм афтæ зулдзых у хъысмæт, йе ’гæр фæкала! Æниу, ныртæккæйы уавæрæй не ’гас дæр зæрдæсыгъд стæм, фæлæ ма уый æттейæ дæуыл уыцы зæронды та цы бафтыдта? Æ, мæрдты бæстæм ьш фæндаг макуы уа! Иæхи амондсыгъдæй ма уый ис- кæмæн ахæм сыгъд амонд ныббæттид хъуамæ? — Цы саразон, — йе уæхсчытæ фелхъывта. Цуца. 219
— Сылыстæгыл цæгатырдыгæй фæхæццæг куынæ вæййы^ æвæццæгæн, уæд ын йæхи тыхтæй царды раст фæндаг зын равзарæн у. — Нæй гæнæн, мæ чызг, — ноджы йæ æрбахъæбыс кодта Госæ. —Маст чи бахæры, уый адджыны ад хуыз- дæр банкъары. — Æмæ уыцы мæстыты фæстæ уыцы адджинаг ба- хæрынмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уымæн ницы у, фæлæ ма дзы æз та цæмæ æнхъæлмæ кæсын? — хъынцъымгæнæг- ау’сдзырдта Цуца æмæ ма сæм бафтыдта: —Мæ хъæ- булæй афтид куы абадтæн, уæд дæр ма цæуылдæр лæу- уыд мæ зæрдæ. Цыдæр ныфс ма мæ уыд, фæлæ йын йæ фыдæй уыцы уæззау хабар куы райстон, уæд бынтон ме ’онг амард. Ныр ма ацы уæзæгыл цæй ныфсæй цæ- рон? — куыдтон мæхиуыл. — Уæзæгыл дын куынæ мард уа, куынæ дзуар, куынæ дзы удыгас удгоймагæй æвæ- рай сомбоны ныфс, уæд æй дæхи цы цæсгомæй хъуамæ хонай? Мæнæн та дзы иу дæр нæй нывьгл. Цæугæ дæр дæм уый тыххæй æрбакодтон. Ме ’дзард хъæбул мæм фыныгъдауæй цæуы. Лæгъзтæ мын кæны, хæдзарæн, дам, мын исты хос скæн. Кæм ныгæд ис, цы йæ фæкодта Саучызг, уымæй бафæрсынмæ дæр æм мæ ныфсу нæ хæссын, никуы дæр æй бафæрсдзынæн. Хорзæй мын кæй ницы зæгъдзæн, уый зонын. Фыддзинæдтæ хъусынæй та мæ æлгъæд дæр скрдта. Нал мæ фæнды йемæ исты ахæмыл ныхас æрæфтауын, фæлæ мын ды исты уынаф- фæ бакæн. Куыд мæ мад, ахæм цæстæй дæм ракастæн æмæ дæ мады номæй ку’рын уынаффæ: цы хуызы сара- зон ацы хъуыддаг? Цы хуызы йын рахицæн кæнон уæл- мæрды йæ сыджыты хай? — Уымæн та цас диссæгтæ хъæуы, мæ чызг? — цыма æцæг йæ хъæбул у, ахæм рæвдауæн ныхасæй йæм дзуры Госæ. — Иу мæрдты бон иу уæрыккæн исты амал скæн- дзыстæм. Æниу æй амал дæр цæмæн хъæуы? Мæнæ нæ- химæ дæр ис уæрыччытæ. Аргæвддзысты йæ лæппутæ æмæ рухс зæгъдзыстæм де "’дзард хъæбулæн. Йæ сы- джыты хай йын рахицæн кæндзыстæм йæ зæронд мад æмæ фыды цур. Исты нысан ыл ныссадздзыстæм æмæ йын уым рухс зæгъдзыстæм. Æндæр дæ ницы хъæуы, дæ нывонд фон. — Уæрыччытæ йедтыл никæй батыхсын кæндзы- нæн, — цыма йын Госæ ныридæгæн уæрыкк йæ размæ ракодта, уый æфсæрм дзы фæцис Цуца. — Алцы дæр мæхæдæг самал кæндзынæн, æрмæст мын ды уынаффæ- 220
йæ феххуыс кæн. Мæ хъыджы фынгмае мын адæмы æр- бамбырд кæн. Æз иугæр мæ хъæбулæн йæ фыды уæл- мæрды йæ хай куы рахицæн кæнон, уæд ацы уæзæгыл мæхи æцæгæлон нал æнкъардзынæн. Уыдзæн мын, мæ зæрдæ мæ кæдæм хæсса, мæ зæрдæ цæуыл дарон æмæ мын ныфс авæрæн цæмæй уа, уый. Æмæ иугæр уый куы уа, уæд та æндæр искæдæм фæцæуыныл хъуыды дæр никуыуал акæндзынæн. Æниу ма цæугæ дæр кæдæм кæнын, фæлæ йæ афтæ дзырдæн зæгъын. — Фидар фæлæууынæй хуыздæр дзы ницы ис, мæ хур, — ныфсытæ йын æвæры Госæ. —Дæ ныфс хъуамæ ма асæттай. Хæстæй æвзæр хабæрттæ бирæтæй дæр æры- хъуысы, фæлæ та стæй кæнæ сæхæдæг æрцæуынц, кæнæ сæ фæстæдр дзæбæх хабар æрыхъуысы. Газанæн мæ уд йæ хæтæнты фæхъхъау фæуæд. Уымæ Дзылыты тугæй ницы уыдис, йæ сæры бæсты фæцæуон. Бирæ йæ уарз- той хъæубæстæ æмæ йæм, чи зоны, цы амонд кæса... — Æз дæр ма бæргæ авæрын ныфсытæ, — йæхи ба- къултæ кодта. — Афонмæ йын иу фынджыдзагæй йæ ном куыд нæ ссардтаин, фæлæ йæ мæ цæст нæ уарзы. Нырма æнхъæлмæ кæсын... # # # Нырма хур уæлиау уыд. Уыцы дзæбæх кастис, гъе, йæ уæларвон фæрссагæй. Кастис комкоммæ Цуцамæ. Уый йæ æрæгмæ фæхатыдтæ. Цуца. Хур комкоммæ уы- мæ кæй каст, уый æрæгмæ фæхатыдта. Стæй дæлæсыхы æмбонд-лæсгæрты ’хсæнæй куы раивгъуыдта, уæд ын хур йæ уæхсчытæм дæр февнæлдта. Йæ фæлмæн тын- æрмттæй йын æрæвнæлдта йæ уæхсчытæм æмæ Цуца фæдисау ис. Кæд ма йæ чи хъуыды кодта? Къæвдабоны- иу искæцæй хæдзармæ, кæнæ хæдзарæй искуыдæм куы цыд, уæд æм уый (къæвда) куыникуы фæныхылдта Иу æртах ыл куыникуы æрæппæрста. Дымгæ-иу йæ фæрсты, йæ рæзты æмæ йæ фæсчъылдымты сыффыттытæ куы кодта, бæлæстæ æмæ-иу дидинджытимæ хъæбыс- хъæбыс къæлæсы кæфтытæ æмæ чъыллиппытæ куы код- та æмæ уымæн та фæччыгъæдæн йæ къабайы фæччимæ лæр куыникуы бавнæлдта. Æндар сылгоймæгтæн-иу еæ къабаты суанг сæ агъды рæбынтæй куы фæуæлæмæ *к°Дта æмæ-иу сæ ахсынæн, сæ агъды рæбынтæ искæй Цæстæй æмбæхсынæн куыникуыуал фæрæзтой æмæ-иу 221
сæм Цуца хæлæг дæр куы кодта. Уый дæр-иу куы ’ркаст йæ къабайы фæччитæм æмæ-иу ^ын, хæдзарæй тард куыдзы къæдзилау, уыцы æнæбон хауд куы уыдысты бынмæ, уæд-иу йæ зæрдæ рисгæ куы кодта. Хур та цы[ Æндæртæ-иу хуры тынтæй сæхи амбæхсыны тыххæй аууондар туманæй кæм агуырдтой, уым-иу Цуцайæн йæ уæнгтæхуры хъæрммæ мондагæй ризгæ æмæ гæв-гæв куы кодтой, уæд ныр цы ’рсырдта ацы къæбæда хур? Нырмæ дæр æм бæлæсты ,къалиуты ’хсæнтæй æмæ’, æмбæндты сæртæй гудзиццытæ кæй кодта, уый цыдæр- гъуызон хатыдта. Æмæ ма йын ныр йæ уæхсчытæм дæр куы февнæлдта, уæд æм йæхæдæг дæр скаст. Скаст æм дисгъуызæй., Хъуамæ йæ бафарстаид, алæма, цы ’рсырдтай, кырмæ дæм нымады дæр кæм нæ уыдтæн,' уым мæм ныр цы ныккрмкоммæ дæ? Æви дæлæсыхы кæй уыдтæн, уымæй -æндæр Цуца фестадтæн? Афтæ йæ хъуамæ бафарстаид, фæлæ йын хур йæ цæстытæ ахъы- дзы кодта. Иæ цæсгомыл ын йæ тын-къæдзил уыцы фæлмæнæй арасæрф-басæрф кодта æмæ дзы фефсæрмы ис. Амбæхста йæ цæсгом. Фæлæ йæ хур нал ныууагъта. Ие ’уæхсчытыл уыцы дзæбæх æрбадтысты йæ тынтæ. Хуры тынтæ. Мæнæ мадæн йæ сывæллон, йæ зæрдæда- рæн куыд æрбады йæ’уæхскыл, афтæ йын æрбадтысты йæ уæхсчытыл æмæ йæм уырдыгæй дзырдтой: «Дæлæсыхы кæй уыдтæ, уымæй æндæр Цуца фестад- тæ, æндæр Цуца! Уый дæхæдæг нæ хатыс, æвзæр цыдæр? Уæдæ ма дæ къахайстмæ дæ хъус æрдар, æндæра куыд рог у. Æркæс-ма, æркæс дæ къæхтæм. Нырмæ сын сæлæф миты уæз чи кодта, уыцы уæлдæфы деттæ куыд рогæй лыг кæнынц. Хатгæ дæр æй куынæ кæнынц. Уæдæ ма деттæ дæ алыварсмæ айхъус, æндæра дын бæлæстæй мæргътæ куыд дзæбæх зарынц. Нырмæ дын цæуылпæ зарыдысты? Æндæртæн кæм зарыдысты, уым* иу дæу фенгæйæ сæ хъæлæстæ куы бамыр сты, уæд ма сæм ныр айхъус. Уый æндæр Цуца фæцæуы сæ рæзты æмæ уымæн нал ныхгæдтой сæ дзыхтæ. Уæдæ ма мæнæ ам, мах кæм бадæм, уыцы уæхсчытыл дын нырмæ цы уаргъ бадт, йæ быны цæуын кæмæн нæ фæрæзтай æмæ æдзух гуыбырæй кæй уæзы бын цыдтæ, уыцы уаргъыл ма ныр схæцтытæ кæн, æндæра-ма йын йæ уæз хатгæ дæр фæкæнис. Уæдæ-ма ныртæккæ ноджыдæр кæс, æн- дæрадæ къæхтæн сæ ных кæдæм сарæзтай, уырдæм дæ ахæссиккой...» Æмæ йын ноджы бирæцыдæртæ дзырд- той, фæлæ йын чидæр йæ хъуыдытæм фæныхылдта: 222
«Оу, мæнæ Дзылыты СаучызДжы мидæгконд уæрыкк куыд радзæгъæл æмæ йын хъæуы уынгты сæрибарæй куыд хъылдымтæ кæны!» — афтæ йæм чидæр æрбадзырд- та æмæ Цуца фæлæууыд. Йæ цыдæй дæр фæлæууыд æмæ йæ хъуыдытæй дæр фæхицæн ис. Акаст, дзурын æм кæцæй æрбайхъуыст, уыцырдæм. Уым иудзонгон сæрдар Хадзыйы чызг, ссивæнты-иу йæ къæбæда митæ æмæ æнæуаг кыхæсты тыххæй мæлинаг, æнæнтыст Заре кæй хуыдтой, уый кауыл ранцой кодта æмæ йæм уыцы налат худт кæны. Худы йæм йæ былтæй, йæ цæстытæй, йæ сырх уадултæй, йæ пыхцыл сæрыхъуынтæй, суанг ма йæ гуымыдза фындзæй дæр. — Дæ бон хорз уа, Зарё, — баздæхт æм Цуца æмæ йыц йæ къух райста. Заре фæдисау ис. Иæ мæлгъæвза- гыл ын ц*}1ма мæлдзыг фæхæцыд, уыйау ын андзыг æмæ дзурын нал сфæрæзта. — Куыдтæ дæ, Заре? Ссивæнты ма ахæм къæбæда ныхæстæ фæкæныс æви-иу æрмæст мæ цуры уыдтæ афтæ комуагъд? — Цуца, куыдтæ дæ? — уыцы дис цæстæнгасæй йæм кæсы Заре æмæ йæ уый дæр фæрсы. Фæрсы йæ, цыма йæ уындмæ рагæй бæллыд, ахæм хуызы. — Бузныг, Заре. Ницы мын у... — Æмæ ссивæнты кой цæмæн кæныс, Цуца? — ногæй та йæ уыцы дисгъуызæй фæрсы, — Уыдон фарон куы уыдысты. Уæдæй нырмæ иу фæззæг, иу зымæг куы ра- цыд. Мæнæ уалдзæг ногæй куы ралæууыд æмæ та нæ фæстæмæ ссивæнтæм куы кæндзæн, уæд ма уыцы сси- вæнтæ дæуæн цæмæн æрлæууыдысты дæ зæрдыл? — Ы-ы-ы-ы,— æфсæрмы худт бакодта Цуца. Æцæг æй бынтон æнæбынаты фарст кæй акодта, уымæй феф- сæрмы ис. — Бахатыр кæн, Заре, дæ низтæ. Æз дæ уæдæй фæстæмæ нал федтон. Ныр дæ куы ауыдтон уыцы дзæбæх худгæйæ, уæд мæ зæрдыл æрбалæууыды- сты уыцы ссивæнтæ. Цæмæндæр мæм афтæ фæкас^т, цыма ныртæккæ уыцы рæстæджы стæм... Æмæ ныр та цытæ фæкусыс, уæдæ? — цæмæй уыцы æнæхайыры сси- вæнтæ айсæфой сæ дыууæйы хъуыдыйæ дæр, уый тых- хæй йæ афарста Цуца. — Мæнæ нæ дыргъ-бæлæсты цæнгтæ æхсæдын. Мæ фыды не ’вдæлы. Хуымгæнæнтæм цæттæ кæнынц æмæ йае не ’вдæлы. Æз дæр мæхи фæлæг кодтон æмæ сæ ^хсæдын. — Æмæ исты арæхсыс? — Æгæр дæр ма арæхсын, — ныххудт Заре. Ныххудт 223
æмæ та Цуцайы цæстыты раз февзæрд, ссивынты кæй) зыдта, уыцы Заре. — Уæдæ хорз, дæ низтæ, Заре, — цæмæйдæр цыма тæрсгæ фæкодта, уыйау йæ цæсгом фæсырх æмæ фæ- зылд. — Æз цæуон. науæд мæнмæ дæр цыдæр митæ æн- хъæлмæ кæсынц. — Зонын æй, зонын, — йæ фæстæ та ныххудт уыцы мæлинаг Заре. — Кæй дæм æнхъæлмæ кæсыæмæ та дæм кæй хæцдзæн, уый зонын, — ноджы худы Заре æмæ йæм Цуцайы цыдæр адзурын фæнды. Заре цы хъуыды кæны, уырдæм кæй нæ тындзы, уый йын зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ бон не сси. Зæгъын йæ бон не сси, фæлæ йын æй æнæуый хъуамæ фенын кæна. Æмæ мэ Заремæ куыд зындаид, Заре йæ куыд федтаид, афтæ фездæхт, йæ цæхæрадон кæм ис, абон Быдзыгоимæ уистæ кæдæм æрласта, уыцы цæхæрадоны ’рдæм. Фез- дæхт æмæ ма уырдæм дæр Зарёйы худын йæ хъустыл уад, фæлæ йын сæ нырмæйау хъыг нæ дардта. Уыцы худын нырмæйау йæ хъусты ныхсгæ нæ кодта, фæлæ сыл уыцы дзæбæх фæлмæнæй узæлыд. Узæлыд сыл худыны уынæр æмæ Цуца йæхицæн дзырдта: — Фенон мæ уисты дæр æмæ мæ цæхæрадон-дыргъ- доны дæр. Чи зоны, мæнæн дæр æхсæдинаг сты сæ уæлдай къалиутæ, уæд ма сæм цы боны хорзмæ кæсын? , Иæ цæхæрадонмæ ауылты ’дардыл зылд фæндаг. Суанг хъуамæ хъæуы кæронмæ ахызтаид, стæй уым уæлмæрды бынты базылдаид. Нæ, ауылты цæуын æй нæ хъуыд. Иуæй дард у, иннæмæй та дзы афтид армæй цæмæн цæуы? Куыстаг дзы ис. Æцæг, бæлæсты :хус æмæ уæлдай къалиутæ лыгкæнинаг кæй сты, уый йæ зæрдыл нæ лæууыд нырмæ, фæлæ абон цы. кауы михтæ æрласта, уыдон цыргъ кæнинаг сты. Хъуамæ надзахи рахастаид йемæ, фæлæ йæ уыдон нал æрæндæвтой. Заре ■фенæд, кæдæм цæуы, уый.. Фенæд æй, æмæ йын кæдæм тындзын æнхъæл уыд, уырдæм кæй нæ цæуы, уый ба- зонæд, æндæр æй ницы мæт уыд æмæ фæраст ис ауылты. Уæддæр дзы исты амитæ кæндзынæн, зæгъгæ, йæхи фæсайдта æмæ фæцæуæг ис ауылты. Ногæй та цыдис хъæуы астæуты. Ногæй та йæм хуры цæст кастис бæлæ- сты къалиуты ’хсæнты æмæ æмбондты сæрты. Æмæ хъæугæронмæ куы ахызт, хъугомы фæндагыл куы фæ- зылд, уæд йæ цæст андæгъдуæлмæрды дуртыл. Ауыдта сæ æмæ нырма æппындæр хъуыды ницы акодта, афтæ- мæй фæзылд уæлмæрды ’рдæм. Цыдис уæлмæрдмæ цы- 224
дæр барджын æнкъарæнтимæ. Мæнæ лæг йæ хæдзармæ, искæцæй йæ уæзæгмæ куыд барджынæй фæцæуы, ахæм æнкъарæнтимæ. * * * Уæлмæрд уыдис сабыр, æмыр, æгуыппæг. Удыл цы- дæр æбæрæг тас æмæ сагъæс чи æфтыдта, ахæм æгуып- пæгдзинад дзы рæдзæ-мæдзæ кодта æмæ адæймаджы æнкъарæнтæм ныхылдта цыдæр æнæад уазал уырзтæй. Адæймаг нæдæр цæстæй, нæдæр æнкъарæнтæй кæй уыд- та æмæ æмбæрста, ахæм дывыдойнаг тас æмæ йыл хъизæмайраг равг æддæмæ хæцыдысты. Мæнæ хæдзары æмырæй уынджы дзолгъо-молгъомæ йæхи æппарæг саби йæ мады фæччитыл куыд ныззæгæл вæййы æмæ йæ æддæмæ куыд февазы, афтæ цыдæр ласы адæймаджы уыцы зæххы гæппæлæй æддæмæ. Фæлæ дзы къæхтæ æддæмæ рацæуын нæ комынц. Уыцыиу ран, бурæмæ- дзы сагъдау, нындæдзынц. Аггуырсын, азмæлыны фадат нал фæарынц. Цыма уым кæмдæр, сæ разы, кæнæ сæ фæстæ/сæ фале, кæнæ сæ иннæрдыгæй фарс кæрдæджы хъузджы, дидинæджы базырыл кæнæ æхсæлыйы судзины бырынкъыл кæйдæр уд хуыссы, фынæй сывæллонау; бады, фæллад зæронд усау, æрхуымæй, науæд та æрыгон мадау, йæ фыццаг хуры авдæны уæлхъус уæлхъæдæй фынæйгæнæг мадау, æркув-æркув кæны æмæ ныр къæх- тæн нал ис фезмæлæн. Куы феггуырсой, уæд бакъуыр- дзысты уыцы кæрдæджы хъузг, баныдзæвдзысты уыцы дидинæджы сыфыл, ныллæудзысты уыцы æхсæлыйы судзиныл æмæ æрцæудзæн, дунейы чи.никуыма æрцыд, ахæм æбуалгъ хабар. Æрцæудзæн, дунейы чи никуыма æрцыд, ахæм мæлæт. Амæлдзæн, мæлын чи нæ зоны, мæ- лæт бар кæмæ нæ дары, уыцы уд... Æмæ къæхтæ нын- дзыг вæййынц уыцы иу бынаты. Уæд адæймаджы бахъæ- уы къæхты бынмæ тынг хæстæг æркæсын, æргуыбыр сæм кæнын, донæмбæрзт цæстытæй лыстæг фæкæсын къæхты размæ æмæ сæ фæстæмæ, къæхты фалемæ æмæ сæ ин- нæрдыгæй фарсмæ. Къахтæ ахæм æбуалгъ ми кæм нæ сараздзысты, уыцы сыгъдæг бынат донæмбæрзт цæсты- тæи фæвæййы цырагъы рухсæй агуринаг. Уæлмæрд у сабыр, æмыр, æгуыппæг. Марды дуртæ, фæллад галтау, хуыссынц сæ фæрстыл. Марды дуртæ, иæ сабийы фыд-зæрдæ лæгмарæй йæ риуæй нымбæрзæг, 15. Къæбысты 3. 225
йæ зæрдæйы бын бамбæхсæг мæдтау, уыцы æмырæй. хуыссынц дæлгоммæ. Марды дур-цыртытæн сæхицæн цыртытау сæ нывæрзæнты, сæ дæлфæд’тæмты æмырæй лæууынц нæзы бæлæстæ, кæрзытæ, тæрсбæлæстæ. Цуца лæууы уæлмæрды кæрон. Бацæуын кæдæм нæ фæччы, ахæм аргъуанмæ кæсæгау, дардæй уымæл цæ- стæй кæсы уæлмæрдмæ. Йæ зæрдæ, йæ уды монц дзы цыдæр агуры, фæлæ цавæрдæр мидæууæлæй хаты, уыцы агуринаг ын ам агуринаг кæй нæма у, уый, æмæ ноджы тынгдæр тыхсы, ноджы тынгдæр тæрсы. Марды дуртæ йын сæ цъæх хъуынаæмбæзт цæстытæй æвналынц йæ \ удмæ, ныхилынц ын йæ зæрдæмæ. Сæ æгомыг тызмæг хъæлæстæй йын йæ хъусты гуым-гуым кæнынц: «Цы агу- рыс ам? Æцæгæлон ад куы кæныс ацы уаз дунейæн, уæд цæмæн дæ ам? Æцæгæлон ад куы кæныс ацы уаз дуне- йæн, уæд æм цæмæн æрбахастай æцæгæлоны уазал равг?» Цыртбæлæстæ йæм фæсонздæхтæй лæууынц, сæ хъус дарынц, кæд ацæудзæн æмæ сын сæ æнусон æмыр цардмæ кæд нал ныхилдзæн йæ æцæгæлон уазал цæ- стæнгасæй, уымæ... Æмæ стыхстис Цуца. Йе онг æй уæзæджы хъармæй, уæзæджы æхцон улæфтæй иу уырзы бæрц банкъарын æнхъæл кæдæм рахаста, уыцы æнусон æмыр царды „ цæрæнуат æм ахæм æцæгæлон цæстæй кæй ракаст, уæ- зæджы ад ын дзы кæй ницы скодта, кæй йыл дзы ницы баузæлыд, уый тыххæй стыхст. Хъуамæ рацæуа, фæлæ къæхтæ нæ комынц. Хъуамæ рацæуа, фæлæ къæхтæ, бурæмæдзы сагъдау, нындæгъдысты зæххыл, Хъуамæ сæ тыхæй атона, атонын кæцæй нал комынц, уыцы зæх- хæй, фæлæ йæм сыхъуыст сæ утæхсæн. Сыхъуыст æм сæ зæрдæсæттæн утæхсæн æмæ сæм æргуыбыр кодта. Æркаст сæм донæй йедзаг цæстытæй. Кæсы сæм, фæлæ дзы ницы уыны. Къæхтæн сæхи дæр нал æвзары. Уæд сæм ноджы ныллæгдæр æргуыбыр кодта æмæ йæм сы- хъуыст цавæрдæр уынæр. Сыхъуыст æм, саби йæ мадæн цыдæр дзæбæх фенддагмæ амонгæйæ куыд фæцин кæны, ахæм æхцон хъæлæс; «Ам ис, ам!» — сдзырдæуыд æм афтæ æмæ ус æгасæйдæр хъустæ фестад. Йæ уырзтæй , зæхх æрæсгæрста. Йæ уырзтæй алы хус кæрдæджы хал, алы ног тау кæрдæджы цъупп дæр басгæрста, стæй уымæл зæххыл æрбадт. Æрбадт æмæ, цыма йæ хъæбысы сывреллон уыд, уыйау йæ иæнгтæ йæ риуыл æрбатыхта æмæ... «Гыцци, æз ам дæн ныр, — сыхъуыст æм йæ риуы- 226
рдыгæй, фыны арæх кæй фехъусы, йæ гыццыл æдзард хуры æндæрг æм цы хъæлæсæй фæдзуры, уый. Æмæ ныццин кодта. Ныццин кодта æмæ фыццаг хатт банкъард- та, хъæбул мадæн мардæй дæр куыд тынг адджын у, уыцы æхцон равг. Йæ хъæбысы кæд уыди йæ гыццыл æдзард хур, йæхи Тæгу.^Уыдис, ие ’нкъарæнты мидæг æй йæхицæн цы хуызæн сныв кодта, раст ахæм. Цуца йыл цин кæны æмæ йæм аивæй кæсы: мыййаг æм иу æх- сæв фыны æгъдауæй чи фæзынд, уыцы фыдуынд сфæл- дисæггаджы хуызæнæй йæм исты ис? Ницы йæм уыд ахæмæй. Растдæр Цуцайæн йæхи куыд фæндыд, йæхицæн æй йæ хъуыдыты цы хуызæнæй сныв кодта, ахæм уыд æмæ йæ зæрдæ барухс ис. — Ныр ам дæн, гыцци, — дзырдта йын йæ æдзард хуры фæлгондз. — Æз ныр ам дæн. Хæдзар мын дзы нæма ис, фæлæ мын рæхджы уый дæр уыдзæн. Уæд дæ ноджы фылдæр уарздзынæн. Уæд- иу дæ хъæбысмæ дæр цæудзынæн. Кæсыс, нырмæ мын нæ уыд дæ хъæбысмæ бацæуæн æмæ-иу дæм дардæй дзырдтон. Ныр мын иугæр хæдзарæй ныфс бавæрдтай æмæ мын ардæм æрбацæуыны бар фæцис, уæд-иу алы хатт дæр баддзынæн дæ хъæбысы. Ды та-иу мын адджын гуылтæ кæндзынæ, хорз, гыцци?» — Хорз, Дæ нывонд фон, хорз,—хъæрæй сдзырдта Цуца æмæ фестъæлфыд. Фæтарст йæхи хъæлæдæй. Фæй- нæрдæм аракæс-бакæс кодта. Уæлмæрд нырмæйау уыд æгуыппæг. Марды дуртæ нырмæйау хуыссыдысты сæ иувæрстыл æмæ дæлгоммæ. Æрмæст бæлæстæ цыма гæзæмæ фæцардæгасдæр сты. Уддзæф сыл йæхи расæрф- басæрф кодта æмæ базмæлыдысты. Цыма сæ фынæйæ райхъал сты æмæ се уæнгтæ айвæзтой, афтæ фæкаст Цуцамæ æмæ сæ йæ зæрдæ чысыл барухс. Æгайтма йæм уыдон уæддæр нал кæнынц æцæгæлоны каст. Ныр ын цыма уæлмæрдмæ бацæуыны бар дæр ис, цыма йын дуæрттæ байгом сты, афтæ банкъардта йæхи æмæ ба- цыд, Газаны мад æмæ фыд кæм ныгæд уыдысты, уыр- дæм. Дыууæ дуры кæрæдзимæ дæрддзæф уыдыстыТ Иу хатт ып сæ Газан куы амыдта, уæд æм дисау фæкаст, афтæ дард кæй уыдысты, уый. Дис нæ, фæлæ ма йын кæмдæр хъыг дæр уыд. «Дыууæ æмкъайы æмуд, æм- зæрдæйæ куы фæцæрой- (Газан æппæлыд, мæ мад æмæ, Дам, мæ фыд тыпгадджынæй фæцардысты, кæрæдзиуыл, Дам, хъæцынхъом дæр нæ уыдысты), сæ уæлион цард ад- Джынæй куы арвитой, уæд сæ цымæ уымы бæсты цæмæн хъуыд яфтæ ^хицæн кæнып? — хъуыды кодта йæхины- 227
мæры. Зæгъгæ ницы кодта. Газанæн зын куы уа, уый тæссæй зæгъгæ ницы кодта, фæлæ йæхинымæры дзырд. та: — Цæмæн сæ баныгæдтой кæрæдзимæ афтæ дард?» — Уæд афтæ хъуыды кодта, ныр та йын æхсызгон уыд. Иæ гыццыл.< æдзард хъæбулæн йæ зæронд мад æмæ фыды астæу æрæнцайæн бынат кæй ис, уый йын æх- сызгон уыд æмæ райзæрдæйæ рацыд хæдзармæ... * * * Кæдæй нырмæ нал абæрæг кодта уыцы зæропды. Ах, куыд рохуаты йæ ныууагъта æмæ та йын уыцы æх- сæв дæр нæ бантыст. Рæстæг та йыл афтæ агæпп ласта, æмæ йын ницы саразын бантыст. Цæхæрадонæй йæ фæндаг хуымыл ракодта. Зарейы мæлинаджы фендæй йæ зæрдæ цавæр тынг ахсайдта йæ бæлæстæм, уый диссаг у! Нырма æрыгон бæлæстæ сты. Нырма æхсæст кæй никуы баййæфтаиккой, уый сыл зы- ны. Иу лыг къалиуы нуæс дæр сыл иикуы ис. Ныр дæр никуы æрæфтыд йæ зæрдæйы сæ бахсæдын. Бахсæдын сæ хъæуы æви нæ, ууыл дæр никуы ахъуыды кодта. Бæ- лас у^ æмæ йæ цæй æхсæдын хъæуы. Æниу йе ссаргæ гыцци æмæ баба сæ дыргътæм куыд зылдысты, уый куыд нæ уыдта? Йæхæдæг-иу куы лыг кодта бæлæстæи сæ бæрзонддæр къалиуты. Зæронд-иу асины фæрцы кæдæм не ’ххæст, уырдæм-иу Цуцайы схизын кодта, уæлæ уыцы кт^алиу дæр знаггадæй фылдæр пайда ницыуал у бæла- сæн æмæ йæ ралыг кæн, мæ чызг. Куыд æхсызгонæй-иу бырыд бæлæстыл, фæлæ ныр... Йæ дзæбæх гыцци æмæ баба сæхæдæг куы никуыуал æрлæууынц йæ зæрдыл, уæд ма сæ бæлæсты кæцæй хъуыды кæндзæн? О, фæлæ йын Зарейы мæлинаг цавæр хинтæ акодта, уымæн йæхæдæг дæр ницы зоны. Ницы йын зоны, æрмæст æй тынг æрфæндыд йæ дыргъты абæрæг кæнын. Кæд дзы æхсæдинаг, æфтиаг чи нал дæтты, ахæм къалиутæ уа, кæд дзы искæмæ ахæмæй йæ зæрдæ фехсайа, уæд сæ... Æмæ афæстиат ис уым. Дыргъты абæрæг кæныны агъон- мæ уал кауы михтæ æмæ уисты асгæрста. Абон æм цыдæр цъус фæкастасты. Цыма йын не сфаг уыдзсты, афтæ йæм зынд æмæ сæм æгæр бæстæтты куы каст, уæд лæппуйæн йæ. зæрдæ фехсайдта æмæ сдзырдта уыцы лæггъуызæй: — Райсом дæр ма æрласдзыстæм. Кæд сæм цъусæй дæ* зæрдæ æхсайы, уæд ма райсом дæр æрласдзыстæм. Науæд абон дæр уæд. Нырма нæдæр галтæ бафæллады- 228
сты, нæдæр мæхæдæг... ■ ^ — Нæ, дæ низтæ, — йæ сæрыл ый йæ арм рæвдаугæ æруагъта Цуца. — Уыдоп бирæ сты. Уисты дæр иууыл мах куы ныццæгъдæм, уæд ма æндæрты дæр чи зоны хъæуа. — Куыд дæ фæнды, афтæ, — йе уæхсчытæ фелхъывта лæппу æмæ галты сæрбосыл... Æмæ йæм пыр уыцы бирæ фæкастысты, гъе. «Адон æгас кауыл дæр аххæсдзысты» — ахъуыды кодта æмæ кауы михтæ йуæрдæм авзæрста. «Куы сæ цыргъ кæнон, уæд се ’взарыныл мауал фæстиат кæнон»,— йæ мийы тыххæй йæ цыма исчи фæрсы, уыйау сдзырдта хъæрæй. Нымайгæ дæр ма сæ ну хатт бакодта. «Адон дæр, цас мæ хъуыд, уымæй бирæ фылдæр куы сты, уæд сыл цымæ кæдæм зыд кодточ? Мыййаг искæдæм ли- дзинаг уыдтæн? Мыййаг мæ ацы уæзæджы æфтиæгтæй уый фæстæ хай куынæуал фæуа, уымæй тарстæн?» — афтæ хъуыды кодта, мæгуыр, æмæ йын чидæр æви йæхи мидæнкъарæн уыд, чизоны,-чидæр ын фæныхылдта йæ хъуыдытæм. «Афтæ хъуыды кодтай, афтæ, Цуца, — кæйдæр хъæ- лæс ын бадзырдта йæ хъусы. — Хъуыды кодтай, уымæн æмæ. уæзæджимæ баст ницæмæй уыдтæ. Уайдзæфæн æй ма айс дæхимæ, фæлæ афонмæ дæр афардæг уыдаис. Кæдæм ацæуай, ацы уыигæджы бон дæ уд хуыздæр кæм бафснайай, уый дын, зæгъгæ, уыд, уæд афонмæ баца- гуырдтаис уыцы хъарм бынат. Рохатæ мыггагæй авд æф- цæгæн æддейæ исчи цæры, зæгъгæ, уый хъусæггагæй куы æрцæуид дæ хъустыл, уæддæр фæстæмæ нæ фæлæууыда- ис. Хæраймаг дæр нæ дæ. Нæ дæ хæраймаг, уæзæджы фалгæрæтты цы мур-згъæлæн ис, уыдонæй фылдæр фæ- кайынмæ дæ арм тынг кæй тасыд, цас дæ дзы хъуыд, уы- мæй дæм дзы, зæгъгæ, фылдæр æрбафтыд, уæддæр дæм цъус кæй каст, уымæй дæр нæ дæ хæраймаг. Искæй знаг- гадæн зæрдæ хъæбæр у. Хи фæллойы цæстæй кæмæ нæ кæсай, уымæй цас фæнды кай, уæддæр адæймагмæ цъус •кæсы. Ныр дæ зæрдæ цæуылдæр фæлæууыд. Ныр дын ацы уæзæгыл уæзæджы хай кæй уыдзæн, уымæй дæ ныфс бацыд æмæ дын канд йæ хъæдмæ нæ, фæлæ нырæй фæс- тæмæ йæ донмæ дæр æпдæргъуызон ахаст уыдзæн. Къад- дæр дзы кайгæ куы кæнис, фылдæр та дзы фæстæдæрмæ,. æндæр искæмæн фæуадзын тынгдæр агурдзæн нырæй фæстæмæ дæ зæрдæ. Ацы уистæ дæр дæм райсомæй ныр фылдæр уымæн фæкастысты»..» — Уæдæ мын ныр цæрын дæр кæд фенцондæр уаид,"— 229
йæхицæн ныфсæвæрæгау сдзырдта Цуца. — Хи уæзæгыл, дам, дуртæ æмæ бæлæстæ дæр адæймагæн хионы ад кæ- нынц, хи туг, хи стæгыл æй нымайынц, сæрбахъуаджы сахат æм æххуысы къух фæдарынц. «Бирæ дын фенцондæр уыдзæн, — ныфс та йын авæрд- та уыцы сусæг хъæлæс дæр. — Ныр дæ цæст дардылдæр уындзæн, ныр дæ уд фылдæр рæвдыд æнкъардзæн адæ- мæй дæр æмæ-æрдзæй дæр». Цуца азылд дыргъ бæлæстыл. Æцæг цыдæр хионы цæстæй йæм кастысты, фæлæ дзы кæмдæр йæ зæрдæ фех- сайдта, бæласæн æцæгæлоны ад чи кæны, ахæм къалиу- тыл æмæ-иу сæм йæ къухтæ сæхигъæдæй фæцæй æв- нæлдтой. Хъуамæ-иу сæ рацъæл кодтаид, фæлæ йæ зæр- дыл æрбалæууыд, йе ссаргæ баба-иу хус кæнæ уæлдай къалиу куыд арæхстгай лыг кодта бæласæй, уый, æмæ сæ ныууагъта. «Кæмдæр нæм хырх ис , æнхъæл дæн, — ахъуыды кодта. — Иу къухы хырх нæм хъуамæ уа. Ра- хæсдзынæн æй æмæ сæ... — атындзыдта хæдзармæ. Уæд мæ изæр дæр кодта æмæ атындзыдта. Уалдзæг нырма, ноггуырд уæрыккау, слæу-фæкæл кодта. Уæддæр йæ^бон калинаг’ у уалдзæг. Йæ комы тæф кæуылфæнды, цæуылфæнды аныдзæвæд, йе уонг йæ зы- мæгон æндзыг-бастæй райхæлы, йæ куырм æлхынцъы- тæ райгом вæййынц æмæ йын æрлæуд-æрулæфт нал вæй- йы. Хъомтæ нырмæ уыцы дзæбæх парахатæй кæм цар- дысты, азмæлынæн, атæлфыпæн сын бæхтыдугъ хъуго- мæй уæрæхдæр чи уыд, уыцы скъæттæ ныр Зербакъуындæг сты. Сæ ’къæдзилтæ кæм атилой, уый фаг бынат дæр нал арынц уыцы скъæтты æмæ сæ фауын райдыдтой. Сæ зæр- дæ ахсайдта æддæмæ. Нырма се стонг ныссæттыны фаг аргæ кæй ницы скæндзысты, уый зонынц, фæлæ сæм хус холлаг æмæ хъæмпы цур* бæласы къуыбыртæ ахсыпын, сæ былтæ зæххыл ахафын æхсызгондæр кæсы æмæ сæ рæтæнтæ райдыдтой æддæмæ ивазын. Цуца райсом Сырхойы куы æрдыгъта, уæд ын кæвдæ- сы холлаг нывæрдта, стæй нын йæ къæлæты цæгатбос суагъта. Йæ бæрзæй ын æрсæрфтытæ кодта æмæ йæ ба- фæдзæхста: — Суары къуылдымырдæм азилдзынæ. Дон-иу баназ, стæй уым къутæртыл дæхи аирхæфсдзынæ. Кæрты дуар дын гомæй ныууадздзынæн. Фæстæмæ æрбацæуын дэе куы фæнда, уæддæр дыл дуар æхгæд нæ уыдзæн æмæ-иу æрбацу. Кæд дын кæрты уазал уа, уæд ардæм æрбацæудзынæ. Боныгон скъæты дуаргомæй дæр уазал 230
нал у. Къæбæда митæ-иу ма кæн, дæ низтæ. Дæ сæрды- гон равгыл ма ныллæу нырма. Мæнæ-мæнæ иттæг хорз хаст не ’рцыдтæ, фæлæ мæн азым дæр нæ уыд. Дæхæдæг зоныс, фарон мыл тæккæ хосгæрдæны цы бæллæх сæм- бæлд. Уæддæр йæ цæрæнбон бирæ Хадзыйæн, йæ иуыæг чызг, мæлинаг Заре хорз амонд ссарæд, уый мæм дзæбæх фæкаст. Холлагæй, сугæй — ницы хъуаг мæ ныууагъта. Фæлæ уæддæр зæрдæйы фаг кæмæн ис ацы дуджы æма? м.ын (Ьяг холлаг нæ уыд. Æнæуый, тынг хъæстаг дæр ии- цы дæ, фæлæ уæддæр уалдзæджы комулæфтмæ хъуг æрæгмæ сæндидзы æмæ-иу къæбæда митæ ма кæн, науæд искуы кæнæ быргæ фæкæндзынæ, кæнæ... —хъуг сындæг æууылдта холлаг æмæ йæ сæр разыйы тылд кодта. Цуца- пæн æхсызгон уыд, афтæ лæмбынæг æм кæй хъуыста æмæ йын йæ ныхæстыл разы кæй уыд, уый... Æмæ ныр Цуца кæрты гом дуарæй куы æрбахызт, уæд Сырхой лæууыд мæнгагъуысты. Лæууыд æнкъард- гъуызæй. Усы æрбахызт уæддæр базыдта. Ракаст æм, фæлæ Цуца куыд æнхъæл уыд, афтæ йыл нæ бацин код- та, нæ йæм бауасыд. Йæ сæр уайтагъд фæстæмæ азылд- та æмæ скъæтмæ фæцæуæг ис. Цуца тынг фæдис кодта: — Цымæ мын цæмæн тæргæйттæ кæны Сырхой? — сдзырдта æмæ йæ фæдыл бацьтд. Хъуг лæууыдис, баст кæм вæййы, уыцы ран. Лæууыдис æнцад, фæлæ цыма цæмæ- дæр къæрцхъусæй æнхъæлмæ каст, афтæ фæзыид Цу- цамæ: йæ фаллаг хъус кæд уыд размæ таст, иннæ та фæ- стæмæ. Уый Цуцайы хъуыдымæ гæсгæ афтæ нысан код- та, æмæ йыл йæ хъуджы зæрдæ цæмэейдæр фæхудт. Цы- дæр дзы пæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йып ныр" йæ алы къахдзæфмæ дæр зæрдæхсайгæйæ хъусы. Куыддæр ын зын уыд. Йæ къах æй рогæй нал хаста, фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ йæм бацыд хæстæг. Йæ уонтыл ын йæ арм æрæвæрдта, йæ сыкъаты ’хсæн ын апъа кодта æмæ йæ афтæ фæрсы: — Цы кæныс, Сырхой, дæ низтæ бахæрон? Мыййаг дæ исчи фæхъыг кодта æви дæ исты риссы? — хъуг ницы дзуры. Йæ хъустæ ныр дыууæйы дæр чысыл фæстæмæ- уæз хæрдмæ схъил кодта æмæ уыцы æнцад лæууыд. Уы- мæй ноджы усæн йæ зæрдæ стыхст. Иæ разы кæвдæсыл жрбадт. Йæ мукъутæ йын йæ уæрджытыл рæвæрдта, пæ риуæй йын йæ тъæпæн ныхыл æрæнцад, æрбахъæбыс ын кодта йæ сæр æмæ та йæ фæрсы: — цæуыл мæсты дæ, дæ низтæ? Зæгъ мын æй, науæд мæ зæрдæ аскъуыйдзæн. — Хъуг уæддæр ницы дзуры, фæлæ йæ уæрагыл (Цуцайæн) 231
цыма цыдæр хъарм æртах æрхауд, афтæ йæм фæкаст æмæ хъуджы сæрыл иуæрдæм ахæцыд. Бакаст æм. Ба- каст æм æмæ йæ зæрдæ куыд нæ аскъуыд: хъугæн йæ уа-' дултыл кæд лæдæрстысты йæ цæссыгтæ. Æмæ ус дæр ныккуыдта. Ставд цæссыгæй ныккуыдта. Æмæ куыдтбй дыууæйæ дæр. Куыдтой, ацы хæдзар ма хæдзар кæй но- мæй хуыйны, йæ уæзæджы хай ма уæзæджы ном кæй фæрцы хæссы, кæрт ма кæй фезмæлдæй у кæрты хуы- зæн, уыцы дыууæ уды: Цуца æмæ Сырхой — Сырхой æмæ Цуца! Æмæ йæ ныр Цуца ницæмæйуал фарста. Йæ зæр- • дæ цæмæдæр æхсайдта æмæ йæм йæ цæсгом дзурын нал хъæцыд, фæлæ йын æй Сырхой йæхæдæг нæ басусæг код- та. Загъта йын æй: , «Раст мæ бамбæрстай, — хъуыстпс æм хъуджы уæз- зау унæргъдæй: — раст мæ бамбæрстай. Цардиппæрд адæймаг адæмы ’хсæн йæхицæн хæлæрттæ куы ссары, адæмы ’хсæн йæ къах куы фæфидар вæййы, уæд, йæ зæр- дæйы мидæг йæ хъуг-хæларæн цы бынат уыд, уый фæка- давар вæййы, фæкъуындæгдæр вæййы. Ныр ма дæу мæн- мæ кæм æвдæлдзæн? Дæ зæрдæйы сагъæстæ мæн бæсты ’ Госæйæн, Зарейы мæлинагæн, Хадзытæ æмæ æндæр ис- кæмæнты куы дзурай, уæд ма дæ мæпмæ кæм æвдæл- дзæн? Æмæ уæд æз та кæмæн кæндзынæн мæ зæрдæйы сагъæстæ? Хъуг æмæ гал хæлæрттæ мæнæп дæр ис, фæлæ мын адæймаг хæлар дæуæй дарддæр ничи ис æмæ ма-иу адæймаджы æвзагæй кæимæ хъуамæ дзурон?..» — Мæнæн дæр стур хæлар дæуы йеддæмæ ничи ис, дæ низтæ, Сырхой, æмæ сдуры æвзагæй дæуы йеддæмæ никæимæ дзурдзынæн, фæлæ мыл дæ зæрдæ ма сиб. — Æмæ йын Сырхой бамбæрста йæ ныхас. Бамбæрста йæ æмæ йыл баузæлыд: йæ сæрыл схæцыд æмæ йæ дæрзæг æвзагæй астæрдта Цуцайы рус. Æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ иыррухс. Хъуг ма уасгæ дæр бакодта, стæй йыл йæ му- къуйæ дуарæрдæм ахæцыд, ацу æмæ ведра рахæсс, зæгъгæ... Цуца уыцы ’хсæв кæвдæсы чъилыл кæдмæ фæбадт æмæ хъугимæ кæдмæ фæныхæстæ кодта, уый йæхæдæг дæр нæ базыдта, фæлæ хъуджы, æвæццæгæн, хуыссæг æрцахста: иу рæстæджы арф ныуулæфыд æмæ æрхуыс- сыд. Кæм лæууыд, раст уым æрхуыссыд æмæ уæд ус дæр- фестад: 1 — Сфæлмæцын дæ кодтон, фæлæ мын ныххатыр кæн, дæ низтæ, — хатыр ракуырдта хъугæй æмæ рацыд хæ-, дзармæ. V: 232
* * * Цыдæр хъуынтъыз райсом уыдис. Хæхты цъуппытыл æврæгъты бæзджын тæлм бадт æмæ афтæ зыид, цыма мæсты сты (хæхтæ) æмæ тарæрфыгæй кæсынц бынмæ. Кæсынц дæлвæзтæм, кæмттæм, æмткæй æрдзмæ. Цæ- уылдæр æм смæсты сты æмæ йæм æлхынцъæрфыгæй кæ- сынц. Æмæ æрдз дæр ныссабыр, ныхъхъус. Цыма ’йæхп псты фыдбылызмæ цæттæ кодта, уыйау æмырæй’лæууыд.. Цуца хъуджы радыгъта. Дысоны æхсыримæ йæ афæр: сыгъта æмæ сыл ахсæн æркодта. Кæрчытæ, хуыскъæг- тæм дæр базылд, стæй цыдæр зивæггъуызæй сдзырдта: — Уыцы зæронды æгæр рохуаты ныууагътон æмæ... Ныр та уый дæр хæцдзæн, фæлæ йын цы кæнон? Уæддæр æй ныр хъуамæ абæрæг кæнон. Цалынмæ æхсыр ахса, уæдмæ йæ абæрæг кæнон. Уæдта æкæфæразгæ у, уæд... Кæд хæца уæд... Фæлæ йæм нæ хæцыдис Саучызг... Æ, йæ хæцæнтæ ма йæ бар куы уыдгиккой! Æ, йæ зæры бонты иууыл тыпг- дæр цæмæй тарст æ^мæ Цуцайы рохтыл афтæ фидар цæй тыххæй хæцыд, уый йæ куы нæ ’рсырдтаид, уæд бæргæ фенын кодтаид ацы «гадзайæн», уынгты куыд хæтын хъæуы, уæлмæрдты куыд хъеллау кæнын хъæуы, уыдæт- тæ, фæлæ... Хуыссыд уæлгоммæ. Хуыссыд уыцы мæрдон æгуыппæгæй æмæ дзагъырдзастæй кастис цармæ. Цуца ма йын бæргæ фæлæбурдта йæ цæстытæм, бæргæ ма йæ фæндыд, йæ фæстаг бæллиц ын куы сæххæст кодтаид, уый, фæлæ нал æрæхгæдта зæронд йæ цæстытæ. Базза- дысты йын афтæ ирдæй æмæ ныр йе ’нусон цард хъуамæ æрвита ирддзæстæй. Фæнда йæ, нæ йæ фæнда, уæддæр хъуамæ иугæндзон кæна кæсгæ æмæ уына алцы дæр., Хъуамæ уына, цы уынын æй нæ фæнды, уый дæр... Гъе, уымæй тарст, мæгуыр. Мыййаг, æнæцæстытыл æрхæцæ- гæй куы амæлон, иууыл уый уыд йæ мæтаджы сæр ’æмæ йæ баййæфта... Фæлæ Саучызг куыд тарст, хъæубæстæй мæ табæты фæдыл ракæсæг ничи фæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ нæ ра- уад хъуыддаг: Хъæубæстæ, æвæццæгæн,,Дзылыты мыг- гаг ам куы ’рцард, уæдæй фæстæмæ фыццаг хатт (иу- уылдæр — æмбырдæй уыдысты Дзылыты уæзæгыл), змæлыдысты, архайдтой, тынг зæрдиагæй. Цуцайы фар- стой алцæмæй дæр. Уый, мæгуыр, æфсæрмы кодта, фæ- лæ йын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ алкæмæн дæр лæ- вæрдта, кæйдæрты æххуысæй-иу куыд ахъуыды кодта 233
æмæ хуыздæрыл куыд нымадта, ахæм дзуапп. Æмæ иу- мийаг тыхтæй хист скодтой Саучызгæн. Æнæуый хистьг адæм хъæлдзæг уыдысты. Мæрдадзы куыд æмбæлы, ахæм равг сын нæ уыд. Чидæртæ-иу дзы хъазгæ æмха- сæн бакодтой: — Æ, де ’рхауæн бон хуыздæр фæуа, Цуца, науæд ацы мæрдты къæй фæуинаг зындонмæ афтид армæй бæр- гæ бафардæг уыдаид, фæлæ ныр цы загъдæуа. Ды дæхæ- дæг уæзæджы фарн дæ æмæ де ’фсæрмæй куыд нæ ба- лæггад кæнæм ацы мæрдты къæйфæуинагæн?.. Цуца дуры кой (Саучызг ын кæй фæдзæхста, уыцы дуры кой) æркодта зæронд устытæн æмæ йын уыдои загътой, зæгъгæ, йын уæддæр мæнæ зæрдæвæрæны рухс зæгъын хъæудзæн æмæ йæ уæд сæвæрдзысты. Ууыл ныл- лæууыд уый дæр. Уæдмæ та алы сабаты дæр цыд уæл- мæрдмæ. Цыд, Саучызджы тыххæй уыйбæрц нæ, фæлæ йæхи æдзард хъæбулæн кæй рахицæн кодта, уыцы зæххы гæппæлмæ зилыны тыххæй... * * * Тыны хъæуы цæрджытæ-иу куы фырбуцæн, куы та сæ тыхстæй афтæ фæкодтой: — Ай цы хабар у? Куынæ хохæй стæм, куынæ быдьь рæй, уæд мах хуыцау не сфæлдыста? Мах хуыцауы фæн- дæй нæ сæвзæрдыстæм? Æви нæхи барæй, хуыцауы æвастæй кæмдæр рахъомыл стæм æмæ стæй хуыцауы сфæлдисгæ дунемæ нæ сæртæй дуæрттæ æрбасастам? — Афтæ-иу фæкодтой, куы фырбуцæн, куы та сæ фыртыхс- тæй. Æмæ уымæй нæ рæдыдысты. Тыны хъæуы цæр- джытæ цы зæгъой, уым дон нæ атæдздзæн. Иугæр’загъ- той, уæд дзы цыдæр ис. Æмæ ам дæр уыдис цыдæртæ. Цæвиттон, картофы базармæ-иу, дзæбæх картоф цы у, уый хорз чи зоны, ахæм æлхæнæг куы бацыд, уæд-иу азылд иу кæропæй иннæмæ. Армæй дæр æмæ-иу цæстæй дæр басгæрста картофты. Йæ зæрдæмæ-иу дзы куы ницы фæцыд, уæд-иу хъыгзæрдæйæ æнæмæнг бафæрæзтаид: — Тыны хъæу схъæздыг сты, æвæццæгæн: картоф уæй кæнын сæ сæрмæ нал хæссынц... Ахæм лæгæн-иу йæ зæрдæ кæмæй барухс, уыцы кар- тофты хицауæн-иу æнæмæнг загътаид: *— Уæдæ куыд у, тыныхъæуккаг, уæхи фидарæй ни- кæуылма æрфыстат? Ацы фарст кæмæй айрох, кæнæ йæ фыццаг хатт чи 234
хъуыста, уыцы тыныхъæуккаг-иу æнæмæнг фæдисау уы- даид æмæ афарстаид: — Æмæ кæуыл хъуамæ æрфыссæм нæхи? — Нæ зонын, нæдæр, дам, хохæй стæм, нæдæр быды- рæп. Иууыл афтæ хъаст кæнут, æмæ... — Дыууæйæ дæр нæм фаг ис. Ницы сæ хъаст кæ- пæм, — æнæмæнг сæрыстырæй загътаид уыцы тыны- хъæуккаг æмæ стæй йæ цæст ахастаид базары уæвджы- тыл, куыд цымыдис æмæ йæм хæлæггæнæджы цæстæй кæсынц, уый феныны тыххæй. Стæй ноджы сæ мæнæу, сæ дыргъ! Ыикæимæ сæ фæ- пвддзаг кодтаис. Фæлæ сæм фосдарынæн нæ уыд зæрдæ- йы фаг авналæнтæ. Сæ уыгæрдæнтæ, сæ фæсхъæу фад- гуытæ нæдæр сæрвæтæн фаг кодтой зæрдæйы фæндиаг, пæдæр хосгæрстæн. Иууыл сæ рабар-бабар, райваз-бай- ваз хъуыд. Стæй сæ хуым-зæххытæй дзæвгар уыд зын- вадат, трактор кæдæм нæ рæхст, ахæм рæтты. Æмæ ца- лынмæ кусæгдыхæй арæзт уыдысты, уæдмæ сыл æххæс- тысты. Сæ зынвадат сын хатгæ дæр нæ кодтой. Уый нæ, фæлæ уыдонмæ хуыздæр рад сæ зæрдæ. Бæстондæр куыст-иу сæ бакодтой. Тыллæгхорз лæвæрдтой æмæ уы- мæн. Ныр сыи æгæрдæр ма бамбæрстой сæ зынвадат. Трактор кæдæм рæхст, уыдоныл уый бæрц нæ тыхстыс- ты, фæлæ ацы къул æмæ цыбыр хуымтæ конд куы нæ ’рцæуой рæстæгыл, уæд сæ фæззæг нæ уыдзæн нывыл. Уæд нæдæр сæхи фаг скомдзысты хонрагæй æмæ нæдæр паддзахады раз бауыдзæн сæ бон сæхи равдисын. Æмæ æмбырды сæйраг уыд ацьт фарст. Хъуамæ, сæ уавæртæ цас сты, уымæй алы гутон дæр рæвдз уа, фыц- цаг — гутондарæй, стæй иннæтæ æнцондæр сты. Галтæ скъæрынмæ, фæсауæдзтæ йедтæм сылгоймæгтæ, къаннæг лæппутæ æмæ чызджытæ дæр сарæхсдзысты. О, фæлæ йæ мардæрцыд дæр уый мидæг уыд æмæ гутондартæ нæ фаг кодтой. Гутондартыл-иу ныхас куы æрцыд, ныма- йын-иу сæ куы райдыдтой æмæ-иу сæ’ тыхджын ныхъ- хъуыды кæнын куы бахъуыд, дарддæр ма кæй зæгъой, уый тыххæй, уæд та-иу иууылдæр уыцы мæсты цæстæн- гасæй ныккастысты Гæбæционы лæгмæ. Чидæр дзы иу хатт йæ маст нал баурæдта æмæ йын зæгъгæ дæр кодта: — Уыцы хæйрæджы нын нæ хъæумæ æркæныны фæл- тау бынтондæр æнæусæй куы ’рцыдаид дæ мæлæт. — Лæг ныфсæрмы ис, мæгуыр. Йæ сæрыл уæлæмæ схæцын нал уæндыд. Р1æхинымæры йæхæдæг дæр бæргæ æлгъыста уьтцы бон, фæлæ ахæм æлгъыстытæ æмæ кæйдæр уай- 235
дзæфтæй нырма йе ’нæгъдау сылыстæг æгъдауджын ни- кæмæн сси. Уæдæ, мæгуыр, Лексо нырма æйтт-мардзæ гутондар’ у, фæлæ... Кæрты онг æнæбары цы рахилы, æндæр. Æмае йæ уый дæр дохтыртæ нæ уадзынц. Дæхи, дам, дзæбæ^- куы нæ бавæрай, уæд, дам... Зæрдæ, дам, хынджылæгтæ йедтæ нæ уарзы. Куы, дам, дæм смæсты уа, уæд, дам, дае тæргай фæлидздзæн... Цуца бадт æмбырды. Фыццаг хатт уыд колхозы æм- бырды æмæ исдуг уыцы хæццæ хъæлæбайæн æмбаргæ дæр ницы кодта, фæлæ Лексойы тыххæй ныхас куы æр- цыд, уæд куыддæр тыхсын райдыдта. Уый аххосæй йыл æрцыд ахæм фыд. Æниу æй азымы ничи дары. Уы тых- хæй хъуыды дæр никуы ничи акодта, фæлæ йæхицæн зын * у. Ныр та йын уæлдай зындæр у. Иумæйаг хъуыддагыл , афтæ тынг кæй фæзынд Лексойы фæрынчын, уый йын ноджы зындæр у æмæ уыцы уавæр рараст кæнынæн ис- ты ахъаз куы фæуид, уый йæ’фæнды. Фæнды йæ æмæ йæ- хинымæры ахъуыдытæ кодта. Кæддæр сæ цæхæрадоны Газанæй рапста гутон. Сæ цæхæрадон куы хуым код- той, уæд æм цыдæр цинау фæкаст æмæ загъта Газанæн, авæр ма, дам, мæм гутон, æндæра, дам, ыл нæ базонин ’ хæцын. Радта йæм æй. Гутон æй дзæвгар фæраппар-бап- пар кодта, фæлæ йæм стæй смæсты ис æмæ йыл фидар куы ’рхæцыд, уæд æрсабыр ис. Уыцы коммæгæс æрцис æмæ ма дзы Газан æппæлгæ дæр ракодта: — Гутон уарзы тыхджын адæймæгты, уыдон коммæ тынг кæсы. Дæумæ та тых фаг ис æмæ дæ æвзæр гутон- дар нæ рацæуид. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд Газан фырбуцæн афтæ дзырдта. Йæ гутоны хæцæнтæ искуы Цуцамæ дæттинаг фæуыдзысты, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, фæ- лæ... Æмæ ныр Цуца уыцы хъуыдыты куы аныгъуылд, уæд , йæ къух йæхигъæдæй уæлæмæ ссыд æмæ йе ’нгуылдзтæ адæмы сæртæй уæлæмæ куы сзындысты, уæд ын сыл æм- бырды сæрдары цæст андæгъд. Андæгъд ын сыл æмæ йæ цæхгæр афарста: — Цы зæгъинаг дæ, Дзылыты чындз? Цуца, цы зæгъинаг уыд, уый йын нырма хъуыдыгонд иæ уыд рæстмæ, фæлæ йæ уыцы цæхгæр куы афарста>, уæд фæтыхст æмæ стгæ-стын сдзырдта: — Мæн ныффыссут гутондартимæ... Уый цы худæг фæкаст адæммæ! Тæнхæлдтæ ^кæнынц^ 236
Худынц æмæ Цуца та æфсæрмы кæны. Стыхст. Худæгæй куы ницы загъта, уæд ыл цæмæн худынц. Уыцы æпæм- баргæ ракæс-бакæс кодта, фæлæ йын Зарейы мæлинаг худгæ-худын дзуапп радта йæ ды’зæрдыггаг фарстæн. Комкоммæ йын æй йæхицæн нæ загъта, фæлæ йæ хъæ- лæсы дзаг, куыд зоны, афтæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр ласта: — Мæнæ цы хъусын, хорз адæм! Дзылыты буцхаст чындз, Саучызг æдзух йæ къухыл кæмæн хæцыд, уыцы чындз йæ гæрзтæ кæд рабаста гутон дарынмæ! Æмæ уæд уыцы зæронд мæрдтæй дæр куы æрлæбурдзæн æмæ æнæхъæн хъæуыл арт куы бафтаудзæн... — Фæлæу-ма, чызг, — Цуца куыд ныфсæрмы ис, уый уыдта æмбырды сæрдар æмæ бауайдзæф кодта Заре- йæн. — Адæймаг иыхас зæгъы æмæ йæм байхъусæм. Зæгъ-ма дæ ныхас æргомдæр, дæ рын бахæрон, — ныр та Цуцамæ бадзырдта сæрдар. Цуца тынг смæсты ис. Хъуамæ фæтæргай уыдаид æмæ мацыуал загътаид, фæ- лæ йæхи фæфидар кодта æмæ... Досыр æмæ Цуца хуым кодтой иумæ. Ноджы ма сын иу къаннæг лæппу дæр радтой æмæ... * * * Хивæнд разынд гутон. Лексойы дыдзæлхыг гутон ахæм хивæнд разынд, ахæм, æмæ Цуцайы тугтæ донны- йæн нуазынмæ дæр цыма хъавыд. Куыддæр ын уыцы фæлмæн æрмттæй йæ «рохтыл» æрхæцыд æмæ галтæ фенкъуыстысты, афтæ гутон, æнæдомд хапуанау, йæ фæстæгтыл фæлæууыд æмæ Цуцайы, дымгæмæ ауыгъд хæдонау, ныззылдтытæ, ныууыгътытæ кодта. — Фидар хæц, мæ хæзгул, фидар, уый дын Саучыз- джы къабайы фæччи мыййаг нæу, — сылгоймаджы зæр- дæ цæмæй æвиппайды ма фæхауæккаг уа, цы уæззау фы- дæбон æм кæсы, уымæй, уый тыххæй йæ хъазгæмхасæн разæнгард кæны Госæ. — 0, æм... — цыдæр дзуапп радтын æви æндæр исты зæгъын фæндыд Цуцайы, уый нæ рабæрæг. Иæ риу æга- сæй афтæ æндыгъд уыд, афтæ фидар ыл æрхæцыд йæхи- мæ гутрн,'~æмæ дзы зæлтæн рацæуыпы фаг зыхъхъыр Дæр никуыуал уыд. Госæ галты сындæгдæр ауагъта æмæ ма гутондарæн Дæр ныфсытæ авæрдта: 237
— Тыхсгæ ма кæн, мæ чызг. Нырма галтæ дæр нæ афæлмæцыдысты æмæ рог митæ кæнынц, науæд, куы æр- сабыр ой, уæд гутон дæр ныууадздзæн йæ тæлтæг митæ., Фæлæ гутон нæ æмæ нæ уагъта йæ тæлтæг митæ. Аф- тæ мæсты гæппытæ кодта, æмæ йæм Цуцайæн йæ зæрдаэ;, æхсайын дæр байдыдта. «Кæд мæм йæ хицауы тыххæй, мыййаг, истæуыл хæ- рамзæрдæ у, — хъуыды кæны йæхинымæры. — Кæд ыц, мыййаг... Уыцы кæлæнгæнæг Гæбæцион æм кæд, мыййаг, искæуылтьГбаххæст æмæ йын мæн тыххæй истытæ фæ- дзырдта. Кæлæнгæнæгæн цынæ бантысдзæн? Чи зоны гутонæн йе ’фсæн-хъусы истытæ бацæгъдын дæр йæ бон * у æмæ мыл æй сардыдта. Айразмæ мын Госæйы куыд скодта мæ ныхмæ, чи зоны гутонæн дæр афтæ исты са- рæзта...» Æмæ ахæм хъуыдытæ дæр куыд нæ æвзæрдаид уæдæ йæ зæрдæйы мæгуыр усæн? Газан-иу æм йæ гутон куы- радта æмæ-иу ын Цуца уыцы уæздан æрмттæй йæ хæцæн- тæм куы æрæвнæлдта, уæд-иу цыма гутон исдуг фæди- сау. Цыма-иу уыцы фæлмæн æрмтты ныдзæвдæй йæ уæнгтæ барызтысты, уый стъæлфт-иу фæкодта, стæй-иу бамбæрста, чи йыл хæцы, уый разы йæ йæхи куыд дарын хъæуы, уый, æмæ-иу ног чындзау, Цуцайæн йæхийау, уы- цы æфсæрмдзæстыгæй йæхи ауагъта, уыцы сындæг цы- дæй-иу ацыд æмæ-иу Цуцамæ афтæ каст, цыма Газанæн йæхи цæнгтæм æвиалы, цыма йын йæхи уæхсчытыл тых- сы æмæ-иу йе уонг, сойы æвдылдау, уыцы дзæбæх æхцон уымæл ацис. — Цы дзæбæх у афтæ, — æнæсдзургæ-иу йæ бон нал бацис Цуцайæн. Р1æ зæрдæйы монц-иу афтæ тынг сфæл- мæн, æмæ-иуйæ бон æнæсдзургæ нал уыд. — Цы дзæ- бæх у дæ гутон, Газан. — Дæ фæлмæн æрмтты хъарм йе уæнгты ахъардта, Цуца, æмæ фырæхцондзинадæй афтæ æрфæлмæн. Узæл- гæ дыл кæны, науæд фыдуаг гутон у, — йæ дæлеты цыд æмæ йын йæ уæхскыл йæ арм æруагъта Газан. Æмæ уый дæр хорз уыдис. Уый дæр тынг бахъарм кодта-Цуцайы буар, фæлæ ма йæ ноджы тынгдæр фæндыд æмæ йæм зулмæ скаст. — Æмæ мыл уæдæ ды цæуылнæ узæлыс, Газан? — скаст æм, стæй йæ мидбылхудт æфсæны уымæл, сыджы- ты æхцон хъарм тæф кæцæй цыд, уыцы фæдыл æруагъ- та. Газан дзургæ ницы скодта. Уый Цуцайы фаллаг уæхскмæ бавнæлдта æмæ йæ уырдыгæй йæ риумæ æр- 238
балхъывта, йæ русæн ын тынг адджын, тыпг фæлмæн- #мæ хъарм, суанг зæрдæйы æрфытæм чи нывнæлдта,, лхæм пъа ныккодта, стæй Цуцайы рæзты (завнæлдта гутоны хæцæнтæм: — Адон Сырхойы фæлмæн фæччытæ не сты, дæ низ- тæ, Цуда, — уырдыгæй дæр ма йын йæ уæхсчы сæрты 11æ былтæн иу пъа акодта æмæ дзырдта. — Адон сыл- гоймаджы уæздан æрмтты ныдзæвдæн бирæ нæ фæра- зынц æмæ цалынмæ нæ дыууæмае дæр нæ фæхæрам сты, уæдмæ сæ æрис. — Цуцайы дæр æрфæндыд, куы сæ рад- тид, уый, фæлæ ма гутоны хæцæнтæй Газаны æрмтты ’хсæн дæр йæ къухтæ иу чысыл сæхи куы бахъарм кæник- кой, дыууæйы æмузæлд дæр ма куы банкъарын кæнид йæ зæрдæйæн, уый дæр æй фæндыд æмæ ма иу дзæвгар иумæ хæцыдысты гутоны хæцæнтыл. Уæд галтæ, æмбаргæ, зондджын галтæ Къохта æмæ Гизо хатыдтой дыууæ уды зæрдæты равг æмæ сыл сæ рæвдыды хай бафтыдтой уыдон дæр: сындæг цыдысты, гутон фыдуаг митæ куыд нæ кодтаид, афтæ. Уæд Газаны цæхæрадоны сыджыт æмбæрста йæ дыу- уæ хицауы зæрдæты æхсызгон равг æмæ гутоны æфсæны разæй йæхæдæг хæлгæ цыд, цæмæй дыууæ æвзонг удæн кæрæдзийыл баузæлынæн хуыздæр фадат уа. Уæд сыл сыджыт дæр йæ рæвдыды хай æфтыдта æмæ уымæн цыдис гутон афтæ сындæг, афтæ æфсæрмгæнгæ... Ныр ам æцæгæлон сты Цуцайæн иууылдæр: галтæ дæр, сыджыт дæр, гутон дæр. Чи йæ дзы барæвдаудзæн? Æмæ йæ зæрдæ уынгæг кодта, мæгуыр. Иæ зæрдæ цæ- уыл уынгæг кодта, уый æмбæрста бирæфенæг фæлтæрд ус æмæ иу арæх æрурæдта галты. Арæх-иу аулæфыдыс- ты. Æмæ дын æм иу хатт куы фæзынид йе ’дзард хъæ- булы фæлгондз. Уыцы дзæбæх æм æрбацыд, гъе! Йæ сыджыты хай йын куы рахицæн кодта ’æмæ ныр уæл- мæрдмæ йæ уæзæджы хайы цæстæй кæсын куы рай- Дыдта, уæдæй фæстæмæ йæм фыццаг хатт фæзынд ахæм хуызы. Æниу уæдæй бирæ рæстæг нæ рацыд: бæрцæй Налдæр боны. Уый размæ Госæйæн йæ бæллиц куы рар- гом кодта, уæдæй фæстæмæ уымæн дæр йæ зæрдæйæ нзл ахызт уыцы хъуыды. Лексоимæ дæр ауынаффæ код- та. Уæддæр нæлгоймаджы зонд кæрдагдæр у æмæ ауы- наффæ кодта йемæ. Лексо йæ сынтæджы рабадт. ’Ныр- ма йын сынтæгæй рахизын зын уыд, стæй йæ дохтыртæ Дæр нæ уагътой. Кæд-иу рæстæгæй-рæстæгмæ искæйг 239
æнцæйтты дæлæ тыргъмæ ахызт, уалдзæгыл йæ цаест ахæссыны тыххæй, æндæр иууылдæр хуысгæ кодта. Æмае дзы ныр иугæр ахæм уынаффæ куы бацагуырдта, уæд аем лæг йæ цонг радаргъ кодта, растынæн мын аххуыс кæн, зæгъгæ. — Стгæ цæмæн кæныс? — нæ йæ уагъта Госæ. -1 Хуысгæ кæн, афтæмæй аныхас кæндзыстæм. — Нæ, уый, сынтæджы хуысгæйæ, ахъуыды кæнын: æмæ аныхас кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм хабар нæу, — фидарæй загъта Лексо æмæ растад. — Иугæр адæймаг. йæ уæзæджы хай æгъдауæй агуры, уæд ыл ахъуыды кæнын дæр æмæ аныхас кæнын дæр æгъдауæй æмбæлы... Æмæ Лексойæн йæ уынаффæ уыд ахæм: — Газаны тыххæй сау гæххæтт куы райстой, уæдæй: фæстæмæ дзы ницы бæрæг хъуысы. Уастырджы йæ дзæ-\ бæхæй æруадзæд, фæлæ уый фæстæ кæмæй æрцыд ахæм^ хабар, уыдонæй алкæмæн дæр йæ сыджыты хай рахи- цæн кодтой йæ бинонтæ. Кæд уый фæстæ фæзына, уæд-,ж дæр уымæй ницы æрцæудзæп. Рæстæг ахæм у æмæ йыл алцы дæр фидауы. Иу фыс æй хъæуы æмæ дыууæйæн дæр рахицæн кæнæд сæ сыджыты хæйттæ. Адæм цьь кæной, уый аразын алкæуыл дæр æмбæлы æмæ дæ цы>' фæнды. Стæй деттæ уыцы зæронд дæр — Саучызгæй зæ-- гъын — иугæр дур йæхæдæг æрцæттæ кодта æмæ дзырд’ ныууагъта, уæд ма уый тыххæй дæр хицæн митæ чи кæн- дзæн? Ныртæккæ хуыммæ цæуыны рæстæг у æмæ уыдæ- тæм кæй æвдæлдзаен... Госæмæ дæр æндæр ницы разынд бафтауинаг. Цу- цайæн та æхсызгон дæр уыд. Æгайтма йын исчи йæ’ уæззау хъысмæтыл афтæ ауды. Нырмæ фыдæхы иæс- тæй кæмæ каст, нырмæ фыд-зæрдæ адæм кæй æнхъæлд- та, уыдон æгайтма ахæм нæ разындысты æмæ йын сæ .уæзæгæй æгъдауыл уæзæджы хай рахицаен кæны- ныл разы сты. Ноджы тынгдæр айста йæ зæрдæмæ Го-; сæйы дæр, Лексойы дæр. Ныййарджыты цæстæй сæм1 ракаст æмæ... Æмæ ныр сихоры улæфтыл галты æфсондзæй суапь-', той холлаг сæрибарæй бахæрын æмæ дзæбæх баулæ- фыны тыххæн. Сæхæдæг дæр сæ сихор куы ахицæн кцД- той, уæд хуымы кæрон бæлæсты аууон æрхуыссыдыстьь, Госæ афтæ, чысыл, дам, арæдзæ-мæдзæ кæнæм. Кæд, дам, афтæмæй хуыздæр ацæуид нæ уæнгты фæллад. Æм# дын Цуца, фынæй ацис æвн ма хъал уыд, уымæн раест- мæ иццы зыдта, афтæмæй дын æм куы фæзынд йæ хъае- 240
булы фæлгондз. Уыцы дзæбæх æм æрбацыд, Æрбацыд æм, йæхæдæг æй йæхицæн цыхуызæнæй сныв кодта йæ мидхъуыдыты, раст æм ахæмæй æрбацыд æмæ уыцы дзæбæх йæ хъыбысы æрбадт. Йе ’фцæджы атыхст æмæ йæм афтæ дзуры: ’ , — Гыцци, мæнæн уæлмæрды мæ хæдзар куы рахи-. цæн кодтай, уæдæй фæстæмæ дын ацы уæзæгæй хай ис. Ныр æй дæхицæн æцæгæлон мауал хон. Æз цы зæххы мидæг цæрын, уыцы зæххы сыджыт дæуæн æцæгæлон нал у. Ныр дæхи уæзæджы сыджыТ у æмæ йæм хионы цæстæй куы ракæсай, уæд дæ уый дæр хуыздæр барæв- даудзæн. Стæй гутоп æмæ галтæм дæр æцæгæлоны цæс- гæй мауал кæс. Ацы уæзæгæн дьщ нырæй фæстæмæ йæ зындзинадæй дæр æмæ йæ хæрзæбонæй дæр æмхуызон хай уыдзæн æмæ сæм дæ зæрдæ радт. К^уы тыхсай, уæд та-иу дæм æз дæр • æрцæудзынæн... — афтæ ма загъта æмæ ацыдис. Райхъал Цуца æмæ, цы зæх^ыл хуыссыд, чысыл.раздæр дæр ма уазалæмæ хъæбæр чи уыд, уыцы зæхх ныр кæд уыдис, пакъуыйæ кондау, фæлмæн æмæ хъарм. Афтæ дзæбæх ын рæвдыдта йæ буар, афтæ, æмæ йыл Цуца йæ рус æрæвæрдта. Æрæвæрдта йыл йæ рус æмæ афтæ иу дзæвгар æнæзмæлгæйæ фæхуыссыд, стæй сыджытæн ныпъпъатæ кодта æмæ сыстад... — Куыд у, истыгар аулæфыддæ, мæ чызг? — Чысыл фалдæр хуыссыд æмæ йæм уырдыгæй æрбадзырдта Го- сæ. — Тынг хорз баулæфыдтæн, — нырма уыцы дзæбæх æнкъарæнтæй не схицæн ис Цуца æмæ йæ бирæ дзурын нæ фæндыд, фæлæ йын уæддæр иу цалдæр дзырды æнæ- зæгъгæ нæ уыд æмæ сæ загъта: — ацы зæххы сыджыт мæ фыццаг хатт барæвдыдта хионау. Афтæ фæлмæн мæм фæкаст, афтæ, æмæ дзы мæ цæст сыстын дæр нал уарзы, фæлæ... Госæ йын каст йæ цæстытæм æмæ дзы цыдæр рухс æнкъарæнтæ уыдта, фæлæ йын зæгъгæ ницы кодта: «Йæхæдæг цы дзуры, уыдон уал мæнæн дæр фаг сты. Æвæццæгæн та йæм йæ уæзæджы хай; йæ уæзæджы фарн æрцыд фыны æмæ...» * # * Дзылыты уæзæг! Кæддæр цард цæдджынагау кæм Фыхт, нæргæ уæзæг кæй хуыдтой, уый... Уæзæгуат у, 16. Къæбмсты 3. 241
уæдæ цы у? Уæдæ ма уæзæгуатыл æндæр сыкъатæ вæй- йы? Иу æрцæуæггаг удгоймаджы удыл ма хæцы уыцьг^ уæзæг. Йæ уæзæджы хай иу æдзард уды иомыл мæрдтьь бæсты агуринаг кæмæн фæцис, уыцы адæймаг ма сылон сæрæй куыд хъуамæ хъахъхъæна уæзæджы фарн? Куыд хъуамæ хæсса, хионырдыгæй иу мæн у зæгъæг кæмæн * никуыуал ис, уыцы адæймаг йæ еылон уæхсчытыл уæ- зæджы уæззау уаргъ?.. Фæлæ йын æндæр гæнæн нæй æмæ йæ удæй арт цæгъды Цуца. Æрвылрайсом куыстмæ- ацæуыны агъоммæ æмæ куыстæй æрцæуыны фæстæ изæрыгæтты хъæрæй фæныхас кæны йæ хъуг Сырхоимæ,. йæ кæрчытимæ, йæ æдзард хъæбулы фæлгондзимæ, цæ- рынæй кæимæ нæ бафсæст æмæ йæ уæлмæрды йæ сы- джыты хай рахицæн кæнын дæр йæ цæст кæмæн нæ- уарзта, йæ уыцы кæддæры æмкъаимæ. Фæдзуры хъæрæй,, цæмæй Дзылыты уæзæгæй хъуыса хъæлæба, ныхас. Цæ- мæй Дзылыты уæзæг хата, нырма йын хицау кæй ис,. уый. Афтæ куынæуал уа, уæд уæзæджы фарн йæхæдæг дæр фырмæстæй бандзыг уыдзæн, амæлдзæн æмæ уæд. йæ райгас кæнын зындæр уыдзæн. Искуы ма йæ райгæс кæнын куы бахъæуа, уæд уый фæзындæр уыдзæн. Фæл- тау цæрæд мæгуырæй дæр, цæрæд иунæгæй дæр, на- уæд... Цуца та ма уæддæр цæуылдæр йæ зæрдæ дары.- Цуцайæн та ма уæддæр йæ зæрдæйы рæбын цыдæр тæл~ фы... Æмæ дзы уый фыццаг бонты айрох ис. Саучызг куы амард, уæд дзы цыдæр æрбайрох ис Цуцайæ æмæ* кæмæндæр фæйнæджытæ дзуарæвæрд ныххуыйын кодта Саучызджы хæдзарæн йæ дуарыл æмæ йæ фæрсæгтыл.. Стæй сæм иу бон фæкомкоммæ ис æмæ йæ зæрдæйы цыдæр ныссæххæтт ласта. Цыма дзы исты скъуыйгæ- акодта, афтæ дзы цыдæр ныссæххæтт ласта æмæ ра- мæсты ис. Тынг рамæсты ис... — Диссаг сты адæм дæр! — дзуры хъæрæй: Дзуры,. цæмæй йæ уæзæджы фарн хъуса æмæ ноджы фылдæр ныфс бацæуа йæ уæзæг-зæрдæйы. — Уæдæ цы сæ уд,*, сæ дзæцц у фæйнæджытæ дзуарæвæрдæй ныххуыйын! Цымæ сыл æппындæр фæйнæджытæ куынæ уаид, на- ’ уæд æндæргъуызон хуыд куы уаиккой, уæд сæм исчи* лæбургæ кæны? — Æмæ рахаста фæрæт. Рахаста Га- заны фæрæт æмæ фæйнæджыты бынтондæр рафтыдта.- Цæмæй сæ арæх ма уына æмæ йын йæ зæрдæйыл дзæ- гъæл хæдзары дуарыл хуыды хуызæн уæз ма кæной, уый тыххæй сæ фæсфæд арф батъыста. Афтæ арф сæ* батъыста æмæ æддæмæ куыд нæ зыной. Йæхæдæг дУ~ 242
æрттæ байгом кодта. Пецы арт сæндзæрста æмæ, сын- тæджы тыхтæй сынæры тæф чи скодта, уыцы хуыс- сæнты балкъонмæ рахаста. Байтыгъта сæ хурмæ æмæ йæхæдæг кæрт æфснайынмæ бавнæлдта. Саучызджы хæдзарæй фæздæг скæлгæ куы федтой хъæубæсты адæм, уæд сыл дис бафтыд: ау, кæд æрцы- дис, уæд æй куыд ничи базыдта? Кæд æхсæвыгон æр- цыдис, уæддæр уыцы цины хабар адæмæй цæмæн бам- бæхста? Сæ цины бонтæ æнæуый дæр кадавар куы сты, уæд ма сын дзы уый æнæхъæн æхсæв цæмæн атыдта? — алчи дæр дзы афтæ хъуыды кодта æмæ дзы йæ райсомы зылдтытæ чп куыд раздæр фæцис, афтæ цыдысты, ногæй та фæздæг кæцæй скалд, уыцы хæдзармæ. Сæ куыстаг- мæ сын ууылты цъус дарддæр уыд фæндаг, фæлæ кæд æцæг ахæм цины хабар æрцыд хъæубæстыл, уæд чы- сыл дарддæрты азилын нымады кæмæ хъуамæ уа? Æмæ фыццаг кæрты дуарæй æрбакаст Хадзы. Цуца- йы кæрт æфснайгæ федта, фæлæ уал уымæ йæ хъус не ’рдардта. Нырма уал æй æндæр кæйдæр фенын фæндыд æмæ йæ цæстытæ азылдысты кæрты къуымты, стæй гом дуарыл ныллæууыдысты, афтæмæй бадзырдта: — Æрцыдис? Цуца йæ куыст фæуагъта æмæ йæм акаст. Бакаст ын йæ цæстытæм. Уыдон здæхт кæдæм уыдысты æмæ сæ цавæр бæллиц сыгъд, уый фæхатыдта ус æмæ, фыдуац хæссæгау, йæхи бакъултæ кодта. Иæхц бакъултæ кодта æмæ уыцы æрхæндæг хъæлæсæй сдзырдта: — Алæ, æндæр куынæ æрцæуид дæ балгъитæг. Хадзы йæ иунæг къухæй кæрты дуар тынг ныццавта. Афтæ тыпг æй ныццавта, афтæ, æмæ йæ къух фæрыст, фæлæ йæ нйцæмæ æрдардта. Йæ маст æй кæуылдæр ныккалын хъуыд æмæ йæм дуарæй хæстæгдæр ничи уыд. Æмæ йæ ныццавта, цыма æрцæуын æнхъæл кæмæн уыд, цыма се ’рцыдмæ афтæ тынг кæмæн æнхъæлмæ кæсы, уыцы бæлццæттæй иуы уый баурæдта. Цыма йе ’рцæ- уæнтæ йæхи бар уыдысты, фæлæ йын сæ ацы дуар ных- гæдта. Æмæ йæ маст куы акалдта дуарыл, уæд фæс- тæмæ фæзылд. Хъуамæ ацыдаид, фæлæ йæ къæхтæ нæ акуымдтой, нæ йæ ахастой, Цыдæр зæгъын ма йæ кæй фæндыд, уый зыдтой къæхтæ æмæ йæ нæ ахастой. — Уæдæ чи бакодта хæдзары дуар, чи дзы сæндзæр- ста арт? — ныр кæртмæ бахызт æмæ афтæмæй бафарста. Цуца йæ куыст ныууагъта. йæхи та бакъултæ кодта аемæ сдзырдта уымæл хъæлæсæй: 243
— Ацы æлгъыст уæзæг мыл пыффæдзæхста Газан, мæ тæригъæд та йын зæгъон. Куы цыд уыцы фыдбоны балцы, уæд мыл æй ныффæдзæхста. Хæст, дам, уæддæр хæст у æмæ, дам, дзы алцæмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн ис. Æмæ, дам, мыййаг, уæд дам-иу Дзылыты уæзæг уæзаэ- гуат ма фæкæн. Ногæй, дам, æфсир куыд сæфтауа, ахæм- хорзы, дам-иу, ын бацу. Æмæ йын цы хорзы бацыдтæн? Табу уæ фарнæн, фæлæ... Сæ уæзæг ма уæзæг кæй фæрцы суыдаид, уый йын нæ бавæрдтон адæмы’ уагыл. Æмæ ма нырмæ дыууæ хæдзары уыдыстæм. Дыууæ хæдзарæй’ фæздæг калд æмæ йын уæд уæзæг хонæп уыд. Ныр дзы иу хæдзары зынг ныххуыссыд, йæ цæстытыл æмæ йын йæ дзыхыл уыцы фæйнæджытæ дзуарæвæрдæй ныххуыдтой æмæ-иу сæ афтæмæй куы ауыддон, уæд-иу мæ зæрдæйы тугтæ ныттагъдысты. Ныккуыдта-иу мæ зæрдæ. Ацы уæ-< зæгæй ма, дам, цæй уæзæг ис? Иу ихсыд хæдзар, дам, куыд хъуамæ хæсса уæзæджы ном: афтæ-иу нырдиаг кодта мæ зæрдæ. Æз дæр нал бафæрæзтон хæдзары дзуарæвæрд æхгæд цæстытæм кæсын æмæ мæ зæрдæйы æрдиагмæ хъусын. Нал бафæрæзтон æмæ ратыдтон уыцы фæйнæ- дЖытæ. Арт дæр дзы æз сæндзæрстон. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ-иу дзы сарт кæндзынæн æмæ мын мæ зæрдæйæн ныфс дæтдзæн уыцы фæздæг. Уæд мæ уæзæг йæхæдæг дæр кæд бузныг уаид, — чи зоны ма нæ.исты дзурын. фæндыд, фæлæ йæ хуыдуг кодтой йæ цæссыгтæ æмæ нал сфæрæзта дзурын. Нал бафæрæзта, кæрты дуарæн мидæгæй чи æрæмбырд æмæ сусæгæй чи куыдта, уы- цы хъæубæсты адæммæ кæсын дæр æмæ бæласы бын бандоныл æрхауд. Æрхауд æмæ тынг ныккуыдта. Афтæ тынг куыдта, афтæ, раст цыма йæ зынгхуыст бæлццон ныртæккæ йæ разы уæлтæрхæг уыд. Куыдта æмæ адæм дæр куыдтой. Сæрдар йæхæдæг дæр куыдта. -Куыдта сусæг хъæлæс æмæ ставд цæссыгæй. Куыдта æмæ уыцы цæссыгты йæ иунæг къухæй сæрфта, фæлæ сыл нæ тъгл кодта. Уыдон ахæм судзæггаг цæссыгтæ уыдысты æмæ сæ дыууæ къухæй сæрфын хъуыд. Уыдонæн иу къух ницы бакодтаид. Уымæн та нæ уыд дыууæ къухы. Ныр- тæккæ йæ куыд хъæуы дыууæ къухы, афтæ йæ алы хатт дæр бахъæуы, фæлæ йын нæй. Нал ын ис дыууæ къухы æмæ сæ кæцæй æрхæсса? чНæй, нал нс, æфсондзы иф; тцгъд галтау, уыцы æмдыхæй чн куыста, уыцы къухтæй иу. Нал ис æмæ та уый дæр йæ иунæг къухæй йæ пырх ныккалдта, куы йæ нырриуыгъта, уæд цæуыл аныдзæвД» ууыл. 244
Куыдта æнæхъæн хъæу, цыма йæ ныртæккæ кæуынмао тынг æвдæлд! Æмæ Госæ йæ цæссыгтæ куы ныссæрфта æмæ йæ алывæрсты куы акаст, уæд йæхинымæры су- • сæгæй нырдиаг кодта: «Саубон мыл куыд æркодта, ныр- таеккæ нæ куыстæгтæ нæ сæрæй уæлдæр куы сты, уæд ам æвдæлон боиы мптæ куыд кæнæм? Цæмæты нæ рав- дæлд?!» — Афтæ загъта гъе, кæуæнбоны кæуынмæ кæй нал æвдæлы, уыцы ирон ус. Афтæ загъта, гъе, кæуæн- боны йæ хъарæгæй къæдзæхтæ кæмæн рызтысты, худæн бон йæ худынæй æхсæрдзæнтæ, пуртитау, кæмæн схънуд- той, уыцы ирон сылгоймаг. Æмæ адæмыл ахæцыд йæ уæззау ныхасæй: — Уæ фæхъхъау фæдæн, ныууадзут ма уе ’вдæлон боны митæ. Махæй алчи дæр, иу ныфсæй цыд ардæм æмæ иугæр уый нæй, уæд хъуамæ нæ куыстæгты ныууа- дзæм? Уæд хъуамæ нæ бæлццæттæн сæ амы куыстæгтæ æмæ мийæгтæ ныууадзæм? Нæй уый гæнæн! Хъысмæт нын нал дæдты кæуæн боны зæрдæйы фаг фæкæуыны фадат æмæ уæ куыд фæнды? Уыцы æнамонд хъысмæты фæндиаг фæкæнæм нæхи æви йæ ныхмæ фæлæууæм? — Иæй нын æндæр гæнæн, — загътой чидæртæ. — Лæудзыстæм йæ ныхмæ, — загътой æндæртæ æмæ араст сты сæ куыстагмæ. Цуца дæр кæрты дуар рах- гæдта æмæ... * * * -^ Лексо лæдзæджы æнцæйтты тыргъмæ рацыд, кæрцы къæриты йæхи æрбатыхта. Æртæкъахыг бандоныл æр- бадт æмæ хуымгæнджытæм каст. Каст сæм, йæ зæрдæ рухс æмæ талынг уыд, афтæмæй. Иæхинымæры-иу ныдз- дзырдта: «Æй, джиди! ч Нæ хъæубæстæ сæ къухтæм æмха- сæнтæ куы кæнынц, нæ сылгоймæгтæ гутондартæ куы систы, нæ’сабитæ се скъолатæ куы ныууагътой æмæ галскъæрджытæ куы систы, уæд æз та уæлгоммæ хуыс- сын мæ сынтæджы, уæд æз та мæнæ ацы зæронд кæрцы тыхтæй бадын мæнæ ам æмæ сын мæ бон баххуыс ни- цæмæй у. Цы ма у афтæмæй ма цард!» Æцæг, зын у Лексойы хуызæн кусæг лæгæн афтæ бадын. Хъæу фæсивæдæй йедзаг куы уыд, кусæджы сæр сæ уыйбæрц куы нæ хъуыд, уæддæр Лексо æнæхъуыд- 245
даг никуы ныллæууыд. Баулæф, зæгъгæ-иу, исчи куы загъта, уæд-иу æм фæхъыг ис: — Адæймаг цалынмæ адæмы ’хсæн цæуы, цалынмæ цсты пайда æрхæссынхъом у, цалынмæ исты аразын у йæ бон, уæдмæ у адæймаг, — афтæ-иу фæкодта. — Иугæр уый нал ис, уæд ма ахæм лæгæн цæй адæймаг схонæн ис? Зæронд суг ма пецы бандзарынæн уæддæр бæззы. Бæлас дыргъ куынæуал дæдта, уæд æй акал. Акал æц „ æмæ дзы псты мигæнæн сараз, йе згъæлæнтæй та йын арт скæн æмæ йæм дæхи тав. Зæронд лæгæй та цы пай- да ис? Æфтиаг куы нæуал хæсса, уæд ма цæмæн у йæ цард? — афтæ-ну фæкодта æмæ-иу исты куыстыл, пс- ты хъуыддагыл йæхи баифтыгъта. Фæлæ иууыл фылдæр , хъæды куыст кодта. Арæзта сагæйттæ, халамæрзæнтæ, хъæдын фыййæгтæ, æфсæндзтæ, дзоныгътæ, уæрдæт- , тæ, цыбырдзырдæй, цыдæриддæр хъæдæй кусæнгарз ’ аразæн ис, уыдон. Тыны хъæуы сæ иууылдæр арæзта Лексо. Арæзта сæ тынг рæсугъд, фидар. Æмæ-иу ын, исчи йæ арæзт кусæнгарзæй куы раппæлыд, уæд-иу ын æхсызгон уыд. Ныр уыцы куыстæн дæр нал бæззы. Ныр уыцы хъуыд- даджы дæр бирæ æххуыс нал у хъæубæстæн. Афтæ рæ- уæг аразпнаг чи у, уыдонмæ ма йæ ныфс уæддæр бахæс- сы. Æмæ уæд йæ зæрдæ барухс вæййы. Уæд йæ зæрдæ- йы масты цъыртт’ нал баззайы. Равдæлон ын вæййы. Знон æм иу ацæргæ ус æрбахаста къæпи, йæ хъæд, дам, мын асаст æмæ, дам, мын ын исты хос скæн. Лексо уæддæр тыргъы бадт- Ацы куыстмæ пæ ныфс бахаста æмæ йын æхсызгон уыд. Уайтагъд йæ фыртмæ фæдзырд- та, скъæты сæрæй, дам, мып иу къæпийы хъæдаг рахæсс, стæй, дам, мын фæрæт æмæ кард дæр æрдав. Цалынмæ Лексо къæпийæн хъæд арæзта, уæдмæ ус бадт чысыл æддæдæр бандоныл æмæ æлгъыста: — Æ, макуыуал мацы баззайа Гæбæционæн. Уып кæ- лæн æвзаджы фыдæй дыл æрцыд ахæм фыдхабар, на- уæд... — Ныууадз ма Гæбæционы дæр, — Лексо цыдæр кæй арæзта, уый тыххæй йæ зæрдæ уыцы дзæбæх рухс уыд æмæ йын хъыг уыд, йæ цуры кæй æлгъиты, уый. — Гæбæ- цион дæр йæ фырхъалæй нæу афтæ. Æрдзæй йын у лæ- вæрд æмæ дæ цы фæнды? Мах та ныртæккæ Гæбæционы ’ хуызæттæ нæ, фæлæ уымæй фыддæртæ дæр хъæуы. Кусæгцух стæм æмæ сыи уыдæттæ дæр хъуамæ барæм. Æндæр боп ныл нæй. 2-16
— О, æмæ иууыл фыдуацтæ, фыдхабæрттæ куы нæ мыса, уæд царды дзæбæх хабæрттæ цъус ис? Цы йын сæ йæ дзыхы æфтауы, сыджыт ын æй бахæра? — нæ сæтты ус. — Ие здæхт уыцырдæм фæцис æмæ йын æндæргъуы- зон дзурын ад нæ кæны, — кусы æмæ уыцы сындæг дзу- ры Лексо. — Адæймаджы иууылдæр фæнды, цæмæй ара- за, йæ удæн ын æхцондзинад цы дæтты, уый. Зæгъæм, æз исты хъæдын мигæнæн куы саразын, уæд дзы æхцон- дзинад райсын æмæ сæ уымæн аразыи. Æндæр исчи мыл, чи зопы, худгæ дæр бакæна, фæлæ уый мæнмæ нымады дæр нæй. Мæнæн æхсызгои цы у, уый аразын... — Æхсызгон бонтæ дын хуыцау радтæд, дæ нывонд фон, æмæ сæ бирæ азты æнæнизæй цы фæаразай, уый дын мæ сæр фестæд... Ус къæпи цæттæйæ куы райста æмæ йæ йæ къухты куы æрзылдтытæ кодта, уæд ыл уыцы дзæбæх фидыдта æмæ та Лексойæн дæр йæ зæрдæ барухс- Фæлæ йæм чысыл фæстæдæр та иу æндæр ус æфсондз аразинаг æрбахаста. — Ацы æфсондзаг махон сгобытъи ^кодта, хæстмæ куы ацыд, уый агъоммæ, фæлæ йын йæ саразын нал бан- тыст, мæ сæр ын амæла. Æз æй скъæты сæр бавæрдтон, зæгъьгн, куы ’рцæуа; уæд æй сараздзæн. Ныр не ’фсондзасаст æмæ мæ зæрдыл æрлæууыд. Дæумæ мæхи раппæрстон, кæд ын, зæгъын, исты бакæнис, — хъарæггæ- нæгау уыцы уымæл хъæлæсæй дзырдта ус. Лексо бакаст æфсондзагмæ. Чи ныммæстæг, ахæм сывылдз хъæд. Дард- мæ дæр æй базыдта, ницы йын йæ бон бауыдзæн. Уымæн фидар цæнгтæ, фидар фердæхт хъæуы. Фæлæ йæ уæддæр йæ разы æрæвæрын кодта. Цалдæр цæфы йæ фæрæтæй æркодта æмæ... Уыцы хъæбæр хъæдæй цæмæй исты ра- тона фæрæт, уый фаг æрцæвын нæ уыд йæ цæнгты бон. Уыйхыгъд йæ зæрдæйы цавд та тынгдæр фæцис æмæ йæ сæр банкъуыста: — Нæй, дæ рын бахæрон. Амæй мæ бон ницы сара- зын бауыдзæн, фæлæ ма нæхимæ кæмдæр ис иу æфсондз æмæ уал уый ахæсс, — лæппумæ та фæдзырдта Лексо, æфсондз ын рахæсс, зæгъгæ. — Æ, макуыуал мацы баззайа Гæбæционæн, — лæп- пу æфсондз хæссынмæ куы ацыд, уæд та райдыдта ацы ус дæр æлгъитын, фæлæ ацы хатт Лексойæн хъыг нæ уы- дысты йе ’лгъыстытæ. — Æ, уый цы хъæуы райгуырд æмæ схъомыл, уым сылыстæджы номыл гæды дæр куыникуы 247
схъомыл уыдаид мах тæригъæдæй, — ноджы фыдæлгъыст кодта ус, фæлæ куы ацыд, уæд Лексойæн йæ хъуыдытæ цыдæргъуызон адзæгъæлтæ сты: «Æниу,' чизоны иууыл Гæбæционы аххос дæр нае уыд, — дзуры йæхинымæры. — Мæ зæрдæ-иу мæ уый V размæ дæр цыдæргъуызон сæлхысчъытæ кодта. Хатт-иу » рнуы фæйнæг дæр’ рахоста. Чизоны йын уыцы бонмæ, уыцы уысммæ нывгонд уыдтæн. Мæ зæрдæйæн. Æвæц- цæгэен адæймагæн йе сконд афтæ у. Хъысмæтæй йæм цыдæр кæй æнхъæлмæ кæсы, уый зæрдæйæ фæхаты, фæ-, лæ йæм развæлгъау цæттæ никуы вæййы- Алы хатт дæр (' æм афтæ фæкæсы, цыма йæ уыцы цыдæр æрæййафдзæн фæстæдæр... фæстæдæр... фæстæдæр. Æмæ йæ стæй куы æрæййафы, уæд ын цыдæр аххосаг ссары æмæ фæзæгъы, < мæнæ мын уыи азымæй фæраздæр ис, науæд хъысмæтæн абонмæ нывонд нæма уыдтæн. Чи зоны Гæбæциопы азым дæр уымæй фылдæр ницы у, фæлæ уæддæр... Æз уæдмæ, уый хæдразмæ мæхи дзæбæх хатыдтон- Уыцы , æбуалгъы ныхас дзæккоры цæфау куы нæ æруадаид мæ сæрыл, уæд...» — Нал æй фæндыд ахæмтыл хъуыды кæ- нын æмæ та йæ цæстæнгас азылдта, Госæитæ кæм хуым , кодтой, уыцырдæм. Акаст æмæ йæ зæрдæ цыдæргъуызон барухс. Цыдæр мæстæлгъæд рухс бацис йæ зæрдæ æмæ- йæ мидбылты уыцы дзæбæх бахудт. Госæ сындæггай цыд галты фæдыл. Къохта æмæ Ги- зо гутон уыцы дзæбæх ластой. Ноджы ма сæ Госæйы рæвдауæн ныхас дæр разæнгард кодта æмæ йæ уыцы дзæбæх ластой. Цуца гутоны хæцæнтыл уыцы дзæбæх аив хæцыд æмæ сæрибарæй, æдыхстæй цыд гутоны фæ-' дыл æмæ Лексойæн йæ зæрдæ барухс: «Цыма мæхæдæг хæцын уыцы гутоныл, афтæ мæм кæсы. Иæ уарзын, гуто- ны фæстæ адæймаг уыцы тыхстæй куы фæцæуы, дыу- уæрдæм куы рагæпп-багæпп кæны, уый», — ахъуыды кодта, стæй та кæмæдæр мæсты сси- Смæсты ис æмæ фел- гъыста, сылгоймæгтæ сæхæдæг куыд фелгъитынц, афтæ. — Æ, æндæр гутондар ма рацæуа, махæн нæ гутæттæ нæ сылгоймæгтæм кæй азымæй æрхаудтой, уый хæдзар æмæ уый уæзæгæй!.. Цуца та уыцы дзæбæх цыд гутоны фæдыл. Йæ иу къах-иу уæлдæфы куы уыд акъахдзæф кæпыны тыххæй, уæд-иу иннæ та гутонвæды уымæл зæххыл лæууыд фи- дар. Афтæ фидар-иу ыл лæууыд, раст цыма уыцы зæх- хæй ысзынд. Раст дзы цыма уидæгтæ ауагъта æмæ йæ дзы ницыуад фæхицæн кæндзæн. Æмæ-иу уымæл зæххьг 248
хъарм йæ къахы бынтæй суанг йæ зæрдæмæ схъардта. Узæлыд ын йæ зæрдæйыл, йæ буарыл. Æмæ йын зæхх уыцы дзæбæх хъарм æмæ фæлмæн Куы уыд, уæд æм фæзынд йе ’дзард хъæбулы æндæрг. фæзынд æм уыцы дзæбæх хъæлдзæгæй- Р1æ фæрсты цыд æмæ йын дзырдта. Дзырдта йын йæ хъусы. «Кæсыс, зæхмæ хионы цæстæй чи ракæсы, чи йæ ба- уарзы, уымæн куыд хъарм æмæ куыд фæлмæи свæййы? Мæнæн дæр ныр афтæ у. Цалынмæ мын дзы мæхи хай иæ уыд, уæдмæ йæм æз дæр æцæгæлоны цæстæй кастæп. Кæцы бынат дзы схонон мæхи, кæцы раныл дзы мæхи бакъул кæнон æмæ йæ уæлдай уарзтæй уарзон, уый нæ зыдтон æмæ мын нæ уыд адджын. Уæд мæ йæхæдæг дæр никуы барæвдыдта. Ныр мын ахæм хъарм æмæ ахæм фæлмæн у, ныр мæ афтæ рæвдауы æмæ йын йе ’хцон хъармæй æфсæдгæ дæр нæ кæнын». «Æ, цæмæй дыл мæнæ ам, мæнæ мæ цуры узæлид, уый дын куы фестадаид мæ мæгуыр сæр, мæ хъæбул», — йæхинымæры йæм адзырдта Цуца. «Мæхи дæр фæндыд, — ам йа? хъæлæс фæуæззаудæр æмæ фæуымæлдæр ис. — Æз мæ гæрзтæ бæтгæ дæр уы- мæ кодтон, фæлæ... Ам куыд æмæ цæмæн фестадтæн, уы- мæн ницы зонын...» «Æз æй бæргæ зонын, мæ хъæбул. Æз мæхи хæргæ дæр уый тыххæй кодтон, кæд, зæгъын ме ’нæарæхсты фыдæп æрцыд мæ сæрыл уыцы æнамонд хабар. Мæхи дæр хъахъхъæдтон, куыд нæ хъахъхъæдтон, фæлæ мыл уыцы уысм цы ’рцыд, уый нал базыдтон æмæ...» «0, фæлæ мæпæн ныр ам дæр хорз у, — фæстæма; 1а фæсæрæндæр ис йæ хъæлæс. — Мæнæн ныр ам мæхи къуым, мæхи уæзæг ис. Уæзæг кæд1 уа адæймагæн, уым та йын цæрын æнцондæр у. Уæд уарзын байдайы уыцы уæзæджы сыджыт- Уарзын æй байдайы æмæ йын уыцы сыджыт фæлмæи æмæ хъарм вæййы. Æз уый фехъуыс- тон, мæнæй стырдæр чи у, уыдоыæй. Ныр та йæ мæхæ- дæг дæр зонын». «Æз дæр æй базыдтон, мæ хъæбул, ныр. Базыдтон æй æмæ мæм, æвæццæгæн, ныр уымæн хъарм æмæ фæл- мæн кæсы амы сыджыт. Нырмæ йын хорз не ’мбæрстон йæ ад, нæдæр мæ йæхæдæг рæвдыдта...» Цуца афтæ йæхинымæры йæ хъæбулы æндæргимæ ныхасыл куы фæцис æмæ куыницыуал дзырдта, уæд æм Госæйы зæрдæ фехсайдта. Йæхæдæг дæр галты фæстæ цыд цыдæр хъуыдытæгæнгæ. Галтæ йæ разæй уыцы сын- 249?
дæг цыдысты. Цыма сæ фæстæцæуæг сылгоймæгтæн сæ хъуыдытæ куы фескъуыной, уымæй тарстысты, уыйау æнæсыбырттæй цыдысты æмæ Госæйæ цыма рох фесты, уынау йæхæдæг дæр пæ сагъæсты ныгъуылдæй цыд, фæ- лæ сæ нæдæр уынгæ кодта, нæдæр, цы аразы, уый ма уыд йæ фæсонæрхæджы. Æмæ ныр йæхи куы æрæмбæрста, уæд йæ зæрдæ фехсайдта Цуцамæ æмæ йæм аивæй йае хъус адардта. Уый нырмадæр йæ сæнттьт тæмæны уыд æмæ нæ базыдта, Госæйы зæрдæ йæм кæй фехсайдта, уый. Госæйæн исдуг йæ зæрдæ фæкъæпп ласта, фæлæ Цу- ца уыцы сындæг, сагъæсгъуызæй куы цыд гутоны фæстæ, уæд æм цыдæр худæг фæкаст. Хъуамæ хъæрæй ныххуд- таид, фæлæ нæ ныххудт. Нæ ныххудт,- уымæн æмæ фед- та: Цуца комкоммæ гутоны къуыдырмæ кæсы, фæлæ æф- сæн кæуылты цæуы, уый нæ уыны. Йæ цæстытыл сагъæс- ты фæлм кæй бады, уый тыххæй йæ нæ уыны. Æфсæн та цыд, уыйразмæ, иннæрдæм цæугæйæ, иннæ æфсæн кæй ныууагъта, уыцы гутопвæдыл. Госæ дзургæ ницы скодта," афтæмæй галты кæронмæ бауагъта. Бирæ сæ нал хъуыд æмæ сæ кæронмæ бауагъта, стæй сæ баурæдта: — Аулæфæм та иу чысыл, — сдзырдта æмæ уыцы дзырдтæй Цуца йе ’муд æрцыд. Гутоны къуыдыр гутоны зæроид фæдыл куы лæууыд, уæд йæ зæрдæ фæкъæпп лас- та æмæ фæстæмæ акаст. — Ай дын мæ къух, кæд галтæ афтидæй нæ фæластой гутопы, — уыцы сагъæсгъуызæй бакодта æмæ Госæмæ афтæ фæкаст, цыма йып уайдзæф кæны, дæ хъус мæм цæуылнæ дарыс, зæгъгæ?, ÆГмæ йæхи растгæнæгау ба- кодта уый дæр: — Мæхиуыл дæр хуыздæр бон нæ уыд, дæ нывонд ’фон. Хатт мæ хъуыдыты афтæ адзæгъæл вæййын, æмæ, кæм дæн, уый дæр нал фæхатын. Хъæуы цыдæр ивындзипæдтæ цæуы. Цуца сæ дардæй фæхатыдта, фæлæ сын æмбаргæ ницыма бакодта- Иу бон картоф рывтой Дæргъыты хуымы. Рывтой æмæ дып ну рæстæджы, уæргъулæфт куы акодтой, уæд иу ацæргæ сылгоймаг ницы-мацæмæйты афтæ бакодта: 1—Æртæ фыдæбоппаджы уасæджы нын ис æмæ саз уыпгæджы стæм. Иууыл кæд кæнынц хыл. Мах дæр нзе .250
лæгимæ бапыхас кодтам æмæ дзы изæры хъуамæ иу ар- гæвдæм... — Сæ тæккæ стырдæрмæ-иу сын бахъавут, — афтæ бакодта иу æндæр сылгоймаг. Цуцамæ афтæ фæкаст, цы- ма йæ ацы сылгоймаг йе ’ппæлæн н’ыхасы тыххæй æл- хынцъ фæкодта. Фæлæ йын уый йæ ныхас ахæмырдæм пæ айста. Стæй æлхынцъ ныхасыл хъуамæ исчитæ æф- сæрмæй уæддæр бахудтаиккой, фæлæ дзы ахæм хъуыды дæр никæй цæстæнгасыл фæзынд. — Иууылдæр къутуйы хуызæттæ сты. Нард æмæ стыр- тæ, — афтæ ма бакодта фыццаг сылгоймаг, стæй та сæ куыстмæ æрæвиæлдтой. Йæ дыккаг æппæлæн ныхасмæ дæр та йын куыничи йæ хъус æрдардта, уæд.Цуца но- джы фæдисау ис. Æнæуый æгъдауджыи сылгонмаг у уыцы «æппæлой». Хæдзарвæндагæп дæр сæ хорз хæдзар- вæндаг хонынц. Йæ хисдæр фырт хæсты ис, йæ лæг та колхбзы хъомгæсæн кусы. Адæм сæ иууылдæр æппæлгæ фæкæнынц. Уæлдайдæр та сæ рæдау æмæ къæбæрдæтто- ны тыххæй. «Æмæ ма, уæдæ, ам цы хæйрæджытæ йæ быны фæ- мидæг сты? — хъуыды кæны йæхинымæры Цуца. — Цас диссаг у иу уасæг аргæвдын? Æви афтæ æнхъæлы, цыма уый йедтæмæ иннæтæ æххормаг вæййынц? Уæд мын дæ... дæхæдæг цæрай!—ралгъитын æй уæддæр пæ цæст пæ бауарзта, фæлæ йын йæхинымæры бауайдзæф кодта. — Æз уыцы иунæг уды къоппа дæн, фæлæ уæддæр мæ арынг æмæ мæ уæларт æвдæлон пикуы вæпйынц. Хъæу- бæстæй мæ хæдзары рæзты чи фæцæйцæуы, уый æнæ- фездахгæ никуы фæвæйпын, сылгоймагæп дæр æмæ нæл- гоймагæй дæр. Дæхæдæг дæр мæм цал хатты аминас кодтай, уал тъæппьт фæу!» — ныр æм йæ маст тынгдæр рафыхт æмæ пæ уыцы уæлæпгап æлгъыст ракæпын пæ цæст бауарзта. Бонизæрмæ уыцы æнамонд уасæджы кой ничиуал скодта, налдæр «æппæлой» пæхæдæг псты загъта. Фæлæ изæры Цуца йæ хæдзары зылдтытæ куы^акодта, уæд йæ цæхæрадонмæ ацыд. Йæ рæуæд баст вæййы. Нæ бафсæ- ды æмæ ма йын изæры кæрдæджытæ дæр ратоны. Æмæ кæрдæджытæ куы тыдта, уæд йæ хъустыл цæйдæр уы- нæр ауад æмæ иæм фæкаст. Фæкаст æм, æмæ иæ куы ауыдта, уæд фæстæмæ фæгуыбыр кодта кæрдæджытæ тонынмæ. Уынæргæнæджы фенд ын зын уыд æмæ иыл ахъуыды кодтаид, уын дæр æп нæ фæндыд. Фæлæ иæ иæ- 251
хæдæг ууыл нæ ныууагъта. Чысыл дзы куы адард ис уæд æм уырдыгæй æрбадзырдта: — Уæ, уæртæ гадза, мæ хъæубæстæн дæу аххосæй фестадтæн уæнгæл æмæ дын уыцы маст æз нæ ныууадз- ■ дзынæн. Кæм дæм баххæссон, уым дын дæ тугæй иу хуыпп уæддæр хъуамæ акæнон. — Гадза дæр дæхæдæг æмæ ’куыдз дæр! — нал æм • фæлæууыд Цуца дæр. Нал æм фæлæууыд æмæ йын кæд \ ацæргæ сылгоймагмæ ахæм дзыхæй сдзурын зын уыдм уæддæр æм ддзырдта. Цы аргъ ын уыд рагæн дæ хъæу- ’ бæсты, уый зоны æмæ дзы ие ’фсæрмы кæны — Искæй тугæй ахуыппп кæнынмæ йæ ныфс чп хæссы, уый хъæ- ■ дæп иу хъæбысы дзаг сугты номыл пе здæхы, фæлæ дзы рахæссы, куыд æмбæлы, ахæм æргъом. Хъæубæстæн та - дæ æз нæ, фæлæ дæ цъаммар æвзаг фестын кодта уд- хæссæг. — Æ, уæд мæнг зæгъæг арвы цæф ^фæуа! — ноджы дарддæр ацыд æмæ йæм уырдыгæй дзуры: — йæ бынаты , æртæ кæрдзын дæр æнæмæн ничи хордта, ныр та мæ сæ’ иумæйаг фынгтæм дæр æмгæрон нал уадзынц. Æмæ мын уый ды бакуыстай, æнаккаг, фæлæ дын æй æз дæр кæд бафидин... Æниу дзы дæхиуыл дæр хуыздæр бон нæй, мæ хæзгул, — Цуца йæм куы ницыуал дзырдта, уæд. * æвæццæгæи, фæныфсджындæр ис æмæ дзырдта дард- дæр: — бонизæрмæ уæхскуæзæй кæимæ фæкусыс, ад- джын ныхæстæ кæимæ фæкæныс, уыдон ныртæккæ дæлæ Уардистæм сырх уасæджы фыдæй минас кæпынц, ды та ам дæ фæстаг пысыратыл хаф! Ацы ныхæстæ уыцы иугъуызон дис æмæ хъыг фæкас- тысты Цуцамæ æмæ уыцы сæнт схъиуд куы фæкодта, уæд , Гæбæцион уыцы уырдыджы ахæм дугъ акодта, ахæм, руст æй цыма бирæгъ расуры фæстейæ. Цуца иудзæвгар уыцы æдзынæгæй фæлæууыд. Нал- , дæр æм кæрдæг тонын цыд, налдæр истæуыл хъуыды кæ- < нын. Цыдис æм æрмæстдæр кæуын æмæ кауыл æрбадт. * Æрбадт æмæ йæхпным.æ^ы куыдта. Куыдта, афтæмæй^ дзырдта: «Ау, æмæ кæд хъæубæсты фæхоныны тыххæй æргæвс- та уыцы уасæг, уæд ма йын æз йæ къæсæртæ баихсийын ^ кодтаин? Æвн æз иннæтæй фыдгуыбындæр дæн æмæ йæ уасæг æнæхъæнæй мæ хъуыры аирвæзтаид?»—’ Афтæ фæбадт бирæ. Хæрз талынг бацис, уæддæр ма бадт- Стæй мæйы рухс хуымыл куы апырх, уæд æм йæ картофтæ кæрдæджы астæутæй сæ сæртæ радардтой æмæ йæм аф- 152
тæ фæкаст, цыма йын уайдзæф кæнынц. Цыма йын да- рынц, зæгъгæ, мах ам кæрдæджы бын уынгæджыбонтæ æрвитæм, ды та дæ гуыбыны тыххæй, сæ фынгмæ дæ кæй нæ фæхуыдтой, уый тыххæй кæуыс... — Сом пзæр куыстæй чысыл раздæр рацæудзыпæн æмæ æпæхъæн æхсæв дæр хъуамæ кæнон рувгæ/Мæй- рухс боны хуызæн зæнйы æмæ рувдзынæн. Нал уæ пыу- уадздзынæн афтæмæй... Дыккаг бон Уард’исæн бауайдзæф кæиинаг уыд, фæлæ йын цы ’фсонæп бауайдзæф кодтаид, уый не ссардта. Æнæуый-иу куывд кæнæ æпдæр исты абадт кæмæ уыд, уымæп-иу дыккаг бон арфæтæ кодтой адæм. Ныр Цуца уымæ æпхъæлмæ каст Æнхъæлдта, зæгъгæ, йын арфæ- тæ кæндзысты, æмæ, йыц; уæд æз та.уайдзæф бакæндзы- нæн. Фæлæ ничй’ницы сдзырдта. Цуца ма дызæрдыг дæр фæцис, кæд та мын, зæгъгæ, Гæбæциоп мæнг пыхас загъ- та. Кæд мæ Уардисы ныхмæ ардауы? Фæлæ та ам дæр æндæр дызæрдыгдзинад фæзыпд йæ фæсонæрхæджы: знон æппæлгæ кæй кодта, уый тыххæй йæ фелхыскъ кæ- ныны охыл афтæ та куыд ничи афарста: куыд у, дæ уа- сæг нард нæ разындис, зæгъгæ? Никæй дзыхæй пицы схауд æмæ йæ Цуца дæр ферох кодта. Гæбæциопæн ахæм ныхæстæ акæнын зын нæу, адæм та ныртæккæ кæрæдзи- йæн æлхыскъ ныхæстыл не сты æмæ сæм цы мæсты кæ- на, фæлæ та иу уæргъулæфт куы кодтой, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ картофтæ. Йæ цæстытыл ауад, ды- сон æм мæйы рухсмæ цы хуызæн тæригъæддаг æнга- сæй кастысты, уый, æмæ афтæ бакодта: — Изæры чысыл раздæр хъуамæ ацæуон. Мæ картоф- тæ кæрдæджы бын фесты. Иуцъус дзы мæйы рухсмæ уæддæр кæд арувин. — Хорз .у, — иу ус афтæ бакодта, æндæр ничи ницы сдзырдта. Ничи ницы сдзырдта æмæ уый дæр Цуцайæн хъыг уыд. Æвæццæгæн сæ нæ фæнды, цæмæй чысыл раздæр ацæуон, уый, æмæ дзьг уымæн ничи ницы загъта, зæгъгæ, афтæ ахъуыды кодта æмæ скарста: «Нал ацæудзынæн раздæр, фæлæ дзы уæддæр мæй- рухсмæ хъуамæ фæрувон уæ фыдæнæн». Йæ пзæры зылдтытæ куыддæр абæстон кодта Цуца, афтæ рувæн айста, æмæ - атындзыдта йæ картофтæ рувынмæ. Бацыд сæм æмæ... «Мæ хуым искæй хуы- мимæ ивддзаг фæцис æви ай цы хабар у?» — дæрддзæф æрлæууыд æмæ хъуыды кæиы. Афтæ та пæм уымæн фæ- каст æмæ нып пæ бацыдмæ йæ картофтæ рывтой Хадзы- 253
йы чызг мæлинаг Заре, Госæйы къаннæг лæппу Быдзыго ноджы ма цалдæр лæппу æмæ чызджы. Цуца сæм дæрдГ дзæфæй уыцы джихæй куы каст, уæд æм Заре ахъæр кодта: — Халон, дам, зиу кодта, йæхæдæг та бæласы цонгыл,.' сбадт. Ды дæр уый ма бафæзмай, Цуца? — Æмæ уæ чи хуыдта зиумæ? — ныр сæм хæстæг ба-4. цыд æмæ сæ афарста дис æмæ мæстыгъуызæй. Абон ын йæ ныхасмæ йæ хъус кæй ничи æрдардта, уый маст дзы нырма дæр нæ ферох ис æмæ сæ мæстыгъуызæй уымæн- афарста. — Куыд чи? — йæхицæй йæ дисдæргъуызæй афарста Заре, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — абон дæхæдæг нæ загътай, изæры, дам, мæ картофтæ рувдзынæн? — Загътон æмæ сæ адæмæн рувын кодтон? — Ныртæккæ хонын нæ фæткы кæй нæй, уый, æвæц- цæгæн, нæма зоныс? — ныр йæ рувæны хъæды æнцой æр- лæууыд, афтæмæй дзырдта Заре. * —Хонын кæдæм æмбæлы, уырдæм хонын алы хатт дæр фæтк уыд æмæ уыдзæн, — пæ сæтты уæддæр Цу- ца.—Æз та мæ картофты искæмæн нæ рувын кæнын. Мæхæдæг... — Абон цы загътай, уый махæн хуынды бæсты дæр- уыд æмæ алцæй бæсты дæр, фæлæ æфсæнттæ ма кæн- Знон хъуыстай Уардисмæ, уасæджы кой куы кодта, уæд? — Хъуыстон æм æмæ цы? — Цы, цы, уый уымæн загъта, цæмæй, изæры фадат кæмæп уа, уый сæм æрбацæуа æмæ не ’хсæвæй иумæ ра- тонæм. Кусинаг кæмæн вæййы, уы’й дæр æндæр ницы фæзæгъы, фæлæ æфсæнттæ мауал кæн. Канд мах нехтæм. Нырма бирæ чидæртæ æрбацæудзæн, фæлæ ацу æмæ чы- сыл æфсонæн истытæ фен... — О, æмæ уын æвиппайды цы. ацæттæ кæнон, мæ тæ- ригъæд уæ уа? — ноджы ма цалдæрæй æд къæпитæ куы æрбацыдысты, уæд батыхст Цуца. — Иу карк ацаразынæн бирæ ницы хъæуы, иу авг дæм арахъ дæр уыдзæн. Æндæр дæ хъæугæ дæр ницы кæны. Уартæ ма уыдонмæ бакæс, рувæнты. йеттæмæ сæм ницы уыныс? — Цыдæр хызынтæ дæр ма сæм ис. — Уыдон се ’хсæвæры къæбæртæ сты. Иумæ, дам, сæ куы бахæрæм, æмæ, дам, не ’хсæвæй дæр иумæ куы ра- тонæм, уæд, дам, нын æхсызгондæр вæййы. Карк исты аргæвдыны кон чи скæны, уымæ дæр фылдæр ницы вæй- 254
йы, æмæ йæ зон. Зои æй æмæ дæхи хъæуæй дард ма лас. Иыр та цæугæ кæн. Ацы мæлинаджы ныхас ахæм фидар уыд æмæ Цуца- йыл æддæрдæм ахæцыд. Кауы дуарæй куы рахызт, уæд Госæ йе ’мбæлттæн сæ хызынтæ райста æмæ уый дæр йе- мæ раздæхт. Рæхджы уæм æз дæр фæзындзынæн, зæгъ- га\ сын загъта æмæ йæхæдæг Цуцаимæ фæцæуæг. Æмæ, æцæг, тагъд ацыд. Цы хъæуы, уыдон ацамыдта Цуцайæн, цæмæй æгæр ма тыхса, стæй ацыд йæхæдæг... Уыцы ’хсæв ын фесты йæ картофтæ рывд, стæй æр- бацыдысты хæдзармæ. Сæхи ныхсадтой æмæ.. Уæдæй фæстæмæ Цуца хъæуы иумæйаг фæткæй ми- куыуал фæиппæрд ис, æмæ йæ уд æрцардис, мæгуыр. Уыйразмæ дæр-иу æм искуыдæй-искуыдмæ исчи æрбауад. Афæрстытæ-иу æй кодта, хатт-иу йæ фынгыл дæр абадт, фæлæ хъæубæстæ æмткæй изæры фæскуыст нскуы иумæ абадой æмæ сæ мæгуыры къæбæр иумæ хъæлдзæгæй ад- джынæн бахæрой, уый йын бынтон æндæр ад скодта, æмæ тæригъæд кæнын байдыдта Гæбæционæн. Йæ иу изæры æрдхъирæнтыл ын куы ахъуыды кодта, уæд æм тæри- гъæд æркаст. Иу хатт ыл цы тугтæ æрымысыд æмæ стæй уыцы ныхæстæ цы расайдтой, уый дзы рох нæу. Никуы дæр дзы рох фæуыдзæн, фæлæ йын уæддæр фæтæригъæд кодта. Иоджы уыцы иунæгæй цæры, мæгуыр. Йæиунæг лæппу хæсты ис, йæ чызг кæмдæр быдырон хъæумæ мой- мæдзыд у. Афæдз кæд иу уад æрбакæны, æндæр æй уын- гæ дæр никуы ничи фæкодта. Иæ лæджы та йын парти- зантимæ кæцыдæр æфцæгмæ арвыстой- Уым, дам, рахи- зæнтæ хъахъхъæнут. Ныр уыцы иунæджы цардæй фæл- мæцы æмæ цы кæна? Адæм ыл уæддæр куы æрхæциккой сæхирдæм, уæд, чизоны, йе ’взаджы уаг дæр фæивид... Æмæ Цуца бафæнд кодта: хъуамæ йæ иу хуынд фæкæ- на. Иу изæр дзыкка, кæнæ уæливыхтæ скæндзæн. Хæ- дзармæ йæм бацæудзæн. Рахондзæн æй æмæ дзæбæх фæбаддзысты. Фæлæ Цуца уыцы хъуыддаг саразынмæ куы хъавыд, раст æм уый хæдразмæ «баххæссыд æмæ йын йæ тугæй хъуамæ ахуыпп кодтаид» Гæбæцион. Хъуамæ йын йæ тугæй ахæм хуыпп акодтаид, æмæ хъæубæсты ’хсæн ра- Цæуын йæ бон куыд нал бауыдаид. Цæвиттон, йæ хъустыл æрцыд Гæбæционæн, фарон хосгæрдæны Хадзы Цуцайæн иу мæйрухс æхсæвы хосы Дъеритæ куыд баласын кодта йæ цæхæрадонмæ, уый, аемæ йæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. «Рæсугъд идæдз 255
усмæ кæй зæрдæ нæ бахъаздзæн, ахæм иæлгоймаг æ3 нæ зонын, — йæхинымæры аскъуыддзаг кодта Гæбæци-Г он. — Хадзы та, кæд йæхи æгæр чырыстом дары, уæддæр,. сылгоймаджы кæлæнты раз чи не ’ртаса, уыдонæй д^ер ? нæ уыдзæн Ноджы пæ гуыбын кæй равдæлон ис уыцы\ саубонæй заинагæн, уып куы базыдта, уæд ын йæ зæрдæ - хосы цъеритæй куыд алхæдта! Фæлæууæд мын ныр. ÆзГ сæ сæ тæккæ фыдракæнды уæлхъус куынæ æрцахсон, ’ уæд мын макуыуал мацы баззайæд».—Афтæ аскъуыд- дзаг кодта Гæбæцион-æмæ йæ хъус дарын байдыдта сæ ’ дыууæмæ дæр. Дардта сæм йæ хъус æмæ сæ раст ам , «æрцахста сæ фыдракæнды уæлхъус». ; ’ Хадзы æнæуый алкæй хæдзармæ дæр бауайаг уыд. Бауад-иу. Афарста-иу сæ, кæд, мыпйаг, ницæуыл тых- ; сут, зæгъгæ^ кæд, мыййаг, колхозæй исты æххуыс агу-„< рыс, зæгъгæ. Æмæ-иу кæд исчи истæуыл тыхст, уæд-иу ын ныфс бавæрдта æмæ-иу ын æн фæстæдæр иумиаг тыхтæй сарæзтой. Кæддæрты Гæбæционæн йæхимæ дæр бауад, фæлæ йæм кæрты онг дæр никуы рахызт. Ноджы- иу æй масты хай акодта: Хадзыйæн мадæн бæззыд, аф- тæмæй-иу æм хъуамæ рахъæр кодтаид, æнæлæг сьтл- гоймаджы хæдзармæ дæ.ницы хъуыддаг ис. Ацы хæдзар кæйдæрты хæдзæрттау хынджылæгдон нæу, зæгъгæ. О, æмæ Цуцамæ дæр куыд никуы бауадаид Хадзы, фæлæ Гæбæционы цæсты ныры хуызæн иикуы бахау- дысты æмæ... Хадзы æнæуый йæ куыст канторæйæ райдайы, фæлæ* уыЦы бон æнæхъæн хъæу улæфгæ кодтой. Уый размæ бон сæ картофтæ рывд фесты. Хосгæрдæн нæма райдыдта æмæ сын кæд æндæр куыстытæ дæр ис, уæддæр, дам, иу бон баулæфæм. Хадзы хъуамæ райсомæй уæддæр фер- мæтæм суадаид æмæ канторæмæ нал фездæхт, фæлæ йын Дзылыты уынгты æввахсдæр фæндаг уыд æмæ ууылты араст ис. Араст ис æмæ дын "æй Гæбæциоп сæ кæртæй куы ауынид. «Ай дын мæ къух, кæд...» — ахъуыды кодта æмæ уый^ дæр ведраимæ донырдæм ууьтлты акодта йæ фæндаг. Цу- цаты кæрты дуар гом уыд. Хадзы исдуг адывæнд кодта^ фæлæ Цуцайы кæрты куы ауыдта, уæд æм фездæхт. Ба- хызт æмæ, йæ ахуыр куыд уыд, афтæ йæ фæстæ дуар рах- гæдта. Гæбæцион уый куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ уæрык-1 ка’у’Скафыд. Хъуамæ уырдыгæй дæр аздæхтаид, г^емаей Хадзыйы усы ракæна æмæ йын фенын кæна, йæ «чырыс- тон» мой кæм ис, уый, фæлæ цæмæйдæр фæтарст: «АфтиД 256
ведраимæ цæугæ мæ чи фепа допырдыгæй, уый та мын мæхиуыл исты даутæ ауадздзæн. Фæлтау уыцырдæм дугъ, фæстæмæ — згъоргæ. Уыдон та мын кæдæм аир- вæздзысты? Мыййаг, уасæг æмæ карк куы нæ сты». Æмæ, æцæгдæр, йæ къахайст фæрогдæр, фæстæмæ та йын быи- тондæр дугъмæ ахызт. Фæстæмæ цæугæйæ Цуцаты онг куы ’рбахæццæ, уæд йæ цыд фæсыидæгдæр кодта. Фыц- цаг уал кæрты дуармæ бакаст. Нырма æхгæд уыд. Уый хорз. Иыр хъуамæ атындзыдтаид, фæлæ йæ хъустыл цы- дæр уынæр ауад æмæ æмбондмæ хæстæгдæр бацыд. Бай- хъуыста- Байхъуыста æмæ цы диссæгтæ фехъуыста йæ хъустæй! Уынгæ сæ нæ кодта. Фæпнæг æмбопд æпгом æмæ бæрзонд арæзт уыд. Æддæмæ дзы зынгæ ницы код- та, фæлæ дзы «уыцы саубойнаджы» дзырдтæ ахæм дзæ- бæх хъуыстысты ахæм, æмæ сæ къуырма адæймаг дæр фехъуыстаид. «Иннæ», æцæг, ницы дзырдта. Дзырдта æрмæст «йæхæдæг». Фæлæ ахæм æвзагæй дзырдта, ахæм æбуалгъы диссæгтæ дзырдта, æмæ-иу мæгуыр Гæбæцио- нæн йе уæнгтæ барызтысты. Уый дзырдта: «А-дунейыл ма мæ хур дæр дæу фæрцы тавы. Мæй мын ме ’хсæвы фæндаг дæу мæ зæрдыл даргæйæ рухс кæны, дæ фæхъау фæуон. Зæгъгæ, ды нæ дæ, уæд æз ацы уæзæгыл нæ, фæлæ адунейыл дæр мæхицæн цæрæн бы- нат никуыуал бацагурин. Ды мæм арæх кæй æрбауайыс, дæ нывонд фæуон, уымæй та мын цæрыны ныфс дæдтыс. Ме знонæй мын мæ абон рухсдæр кæныс. Мæ абонæй мын мæ сомбоны ныфс фылдæр кæныс, æмæ мæ уд цырæгъты бæсты судзæд дæ разы. Ды мæм куы æрбацæуыс, уæд ме оиг афтæ дзæбæх байрайы, мæ зæрдæ афтæ срухс вæй- йы, æмæ æдзухдæр де ’фцæджы куы тыхсин, гобаны бæс- ты дын куы уаин æмæ ды та мæ риуыл куы хуыссис...» «Æ, саубонæй баззайай, — йæхинымæры сдзырдта Гæбæцион. — Æ, саубонæй фæбадай, куынæ йæ хуыссын кæнай æдзух дæ риуыл. Æмæ ма стæй йæхи оны риуыл та чи хуысдзæн, адæмыкъæхты бын баззайай?» — афтæ Дзургæ атындзыдта Гæбæцион. Йæ фæндаг Хадзыты рæзты акодта. Хъуамæ йын йæ усмæ бадзырдтаид, фæ- лæ Зарейы мæлинаг йæхæдæг йæ размæ фæцис æмæ йæ Уый афарста: — Дæ мад кæм ис? — Мæ мад куыроймæ ацыдис, — комкоммæ йæм нæ бакаст, афтæмæй йын дзуапп радта. — Æмæ дæ фыд та’кæм ис?, , *7. Къæбысты 3 " > 257
— Цы мыл фарста кæныс, мыййаг, тæрхоны лæг’ дæ? — сбустæ йыл кодта Заре, фæлæ йын уæддæр дзуапц радта. Цыдæр та кæй æрымысыд, уый фæхатыдта æмæ! йын уый тыххæй радта дзуапп: — Уæлæ фермæтæм ацьь дис, æндæр кæм хъуамæ уа? — Хорз фермæ дын ссардта, мæ чызг. — «Мæ чызг»- ахæм хинæйдзаг хъæлæсæй загъта Гæбæцион æмæ За~ рейы иннæрдæм ахызт. — Цы ног хабар та æрымысыдтæ! — мæстыгъуызæн* йыл фæхъæр кодта. — Æз ницы æрымысыдтæн, мæ мæрдтыстæп, —'.ш йе ’рмттæ йæ риуыл дзуарæвæрд акодта Гæбæциоп. — Уæртæ ма Дзылыты уæзæгыл цы иунæг хъуг баззад, уы-' мæй дын йæхицæн фермæ сарæзта æмæ та ныр дæр уым-* ис. Кæд дæ мæ ныхас нæ уырны, уæд бацу æмæ сæм æм- бонды зыхъхъырæй байхъус. Байхъус сæм сусæгæй. Ныр- тæккæ сæ тæккæ уарзондзинады зарджытыл сты уыцьг хъугимæ йæ фермæйы, æмæ сæм дæхæдæг байхъус. Æз- мæнгæй никуы ницы æрымысын. Хорзæй баззай, мæ’ чызг! — ноджы ма йæ иу æлхыскъ фæкодта уыцы мæ- чызгæй, стæй йæ ведра систа æмæ зæрдæрухсæй афар- дæг ис сæхимæ. Йæ ведра бафснайдта æмæ уынгмæ ра- хызт- Рахызт, искæимæ ныхасгæнæгау, афтæ дзургæйæ: — Ныртæккæ дзæбæх концерт равдисдзæн ацы мæ- линаг æгас хъæуæн йæ фыды фермæйы æмæ сæм æз дæр ардыгæй байхъусон, Заре, æцæг тынг смæсты ис. Йæ фыд хæдзары арæх фæкæны Цуцайы кой. Æниу, канд Цуцайы кой нæ фæкæ- - иы. Хъæуы цыдæриддæр æнæлæг идæдзтæ ис, уыдон" кой фæкæны. Колхозы иумæйаг тыхтæй сын куыд æмæ цæмæй феххуыс уа, ууыл фæсагъæс кæны. Æмæ йæм ныр афтæ фæкаст, цыма иннæты кой æрмæст фæдсафынæн’ фæкæны. Хæдзармæ дæр нал фездæхт Заре, афтæмæй атын-г дзыдта Дзылытырдæм. Йæ маст æй афтæ скъæфта æмæ- хъуамæ цæгъдæджы мидæг суыдаид Цуцаты кæрты, фæ- лæ йæхи фæурæдта. Æддейæ уал сæм байхъусон, зæгъ- гæ. Æмæ байхъуыста- Байхъуыста, æмæ йæм ахæм ны- хас райхъуыст, æмæ йæхи хылмæ æрцæттæ кодта. Ныр- тæккæ мæнæ ацы дуарыл йæ фыд рахиздзæн æмæ уал" уымæн фæуыдзæн дзæбæхтæ, стæй йын «уый» дæр кæ- дæм ирвæзы? Æниу, Цуцайы хылмæ рæвдз хонынц æмае йæм нæмынмæ йæ ныфс нæ хæссы, фæлæ йын йæ сæрыл. иу дур уæддæр фæкæндзæн. 258
Йæхи афтæ уымæн æррæвдз кодта, æмæ йæм рай- хъуыст Цуцайы ахæм ныхас: — Цæй, рæствæндаг, мæ ныгуылд хур. Ма мæ ныу- уадз рохуаты, науæд фырæнкъардæй мæ уд схаудзæн. Дæуæн та мæ риуыл дæ сæр æрæвæрыны тыххæй æз кæддæриддæр ардзынæн фадат æмæ рæстæг, — афтæ фæндараст кодта Цуца пæ «уазæджы», стæй райхъуыст йæ кæуын. Уый кæ’угæ кодта, Заре та йæхи кæрты дуар- мæ хæстæгдæр байста. Куыддæр рахиза, афтæ йыл хъуа- мæ йæхи уасæджы цæф ныккæна. Æмæ æпхъæлмæ кæсы. Йæ зæрдæ йæ риуæй рагæпп æввонг ссис, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы, фæлæ уый нæ хизы. Нæ хизы æмæ Заре старст: мыййаг, йæ зæрдæйы цæхæр куы æрнымæг уа. Мыййаг æй ныртæккæ куыд фæнды, ахæм маст ын куынæуал скæна... «Кæд фæдсафынæн загъта уыцы ныхæстæ æмæ ныр мидæмæ бацыдысты?» — ахъуыды кодта æмæ дзæбæх- дæр байхъуыста. Нæ, Цуца нырма дæр бадт æмæ куыд- та. Ау, æмæ, уæдæ, уып цы фæцис? Ацы кæртмæ æндæр бахизæн никæцæй ис. Далæ сæ цæхæрадонмæ уæрдон бацæуыны тыххæй цы стыр дур ис, уырдыгæй йыл тынг- 4æр нæ фæдызæрдыг уыдзысты адæм? Цы æфсонæн дзн хъуамæ ахиза? — ацы хъуыдытæ йæ сæ уæлныхты сис- той æмæ йæ бон быхсын нал бацис: уыцыиу риуыгъд ба- кодта дуар æмæ кæртмæ бахауд. Цуца бадт бæласы бып фæхс бандоныл æрттæдæлармæй. Бадт сæркъулæй æмæ куыдта. Зарейæн усы уыцы уындæй йæ зæрдæ бауынгæг, фæлæ уæддæр йæхи нæ баурæдта æмæ йæ мæстыгъуызæй афарста: — Кæм ис? Цуца йæ нырмæ нæ фæхатыдта. Ныр æм ахæм тæри- ’ гъæддаг, донæп йедзаг цæстытæй скаст, ахæм тæригъæд- даг. цæстытæй йæм скаст Цуца, æмæ Зарейæн йæхи иыб- богъ-богъ кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. Фæлæ уый нæ сарæзта. Уый бæргæ ныуурæдта, фæлæ йæ цæссыгтæ ныггæр-гæр кодтой æмæ йæ бон æндæр ницыуал дзурын ссис. — Чи кæм ис, дæ нывонд фон, Заре? — кæуыпхъæлæ- сæй йæ бафарста Цуца. — Кæимæ ныхас кодтай, уый... — йæ хæкъуырцц зы- нæй уромгæйæ ма тыхæй сфæрæзта Заре. — Æ, уый кæм ис, уым куы уаиккой, дæ нывонд фон, махæп нæ цард кæй тыххæй схæццæ ис, уыдон ахсджнæг- тæ дæр. Æ, уый кæм ис, уым куы уаиккой, мах цæрынæн 259
чи хъыгдары, уыдон дæр, — хъарæггæнæгау бакодта Цуца, стæй фалдæр абадт. — Мæпæ ам мæ цуры абад, дæ нывонд фон, æмæ мын исты ныхæстæ акæн. — Заре йæ цуры куы ’рбадт, уæд ын йæ арм йæ уæрагыл æрæ- вæрдта æмæ хъарæггæнæгау райдыдта: — Сфæлмæцыд- тæн, Заре, дæ нывонд фон. Сфæлмæцыдтæн ме ’дзард хъæбулимæ мæрдтæм ныхас кæнынæй. Уæдæ æндæр кæ- имæ аныхас кæнои, дæ нывопд фæуоп? Сылгоймаг йæ мæстытæ ныхасимæ куынæ лæмара æддæмæ, уæд пæ зæрдæ скъуынгæ кæны. Мæнæн та нæй æидæо, гæимæ аныхас кæнон, уый. Кæп æвдæлы мæ цуры абадынмæ, мæ сагъæстæм байхъусынмæ? Нырмæ дæр уыимæ мы- хас кодтон. Уæдæ æндæр цы бакæнон? Ам дæ фыд чысыл æрбауад. Иу уысм дæр нæ афæстиат ис. Хуыцау ыи би- рæ цæрæнбон радтæд. Тыхст адæмыл куыд ауды, афтæ йыл хуыцау саудæд. Мидæмæ дæр ыл архайдтон, зæгъын, иу сыкъа баназ. Не ’рбацыд. Дæлæ кæрты дуары цур алæууыд. Афæрстытæ мæ кодта мæ царды хабæрттæй,' стæй ацыд. Тагъд, дам, кæнын. Æниу, тагъд куынæ кæ- на, уæддæр æнæлæг хæдзармæ æгъдауджын нæлгоймагæн зын цæуæн у. Æз ын алы хатт дæр уый бафиппайын йæ цæстæнгасыл, æмæ мын уый ноджы зындæр вæййы. Иуæй мын уымæн зын вæййы, Заре, дæ нывонд фæуон, æмæ ацы тыхст заманы, бæстыл арт куы цæуы, уыцы заманы дæр кæрæдзийæ тæрсгæ кæй кæнæм. Ацы тыхст заманы дæр ма кæйд’æрты дам-думтæ айтауынмæ кæй, æвдæлы æмæ йæ уыдон кæй æндавынц. (Заре, мæгуыр, стыхст. Цыма нын йе ’рбацыды сæр бамбæрста æмæ йын ахæм ныхæс- тæ уымæн кæны, афтæ йæм фæкаст æмæ стыхст). Иннæ- мæй та мын уымæн у зын, æмæ, нæлгоймаддш номыл ме ’дзард хъæбул уæддæр кæй нæй мæ хæдзары. Хæдзары мпдæг нæлстæджы номыл авдæны баст сывæллон куы уа, уæддæр йæ фарн фидар у, дæ нывонд фæуон, Заре, æмæ дзы мæнæн уыцы хъæбул уæддæр куы уаид, уæд мæм æрбауайынмæ ничи зивæг кæпид. Иугæр уый нæй, уæд мæм дæ фыд дæр хæдзармæ никуы бахизы. Дæрд- дзæфæй мæ афæрсы, кæд исты цух вæййын, уæд мын æй æнæзæгъгæйæ дæр фæхаты æмæ йæ саразы... ,— Ныххатыр мын кæн, Цуца,—.Зарейæн йæ боп нал уыд уыцы «уайдзæфтæм» хъусын. Афтæ йæм каст, цыма айæппæт ныхæстæ иууылдæр уымæн бауайдзæф кæныиы тыхх^ей дзуры æмæ йæ бон хъусын нал уыд. Нал уыд йæ бон хъусын æмæ кæуынхъæлæсæй аскъуыдта Цупайы ныхас. — Ныххатыр мып кæн, Цуца, — уый дæр ын йæ 260
уæрагыл йæ арм æрæвæрдта æмæ афтæмæй сфæлхатт кодта. — Уыцы кæлæнгæнæджы ныхæстыл кæй баууæп- дыдтæн æмæ дæм кæй æрбалæбурдтон, уымæй дæу дæр æмæ мæ фыды дæр тынг бафхæрдтон, фæлæ мын ныхха- тыр кæн. Мæ фыдыл та мæ ардаугæ ма скæн, науæд ын зын уыдзæн. Æнæуый дæр йæ нуæрттæ тынг риссынц æ * йын зып уыдзæн. Тæрсын, уыцы ныхас фехъусгæйæ йыл Лексойы æмбисонд куы æрцæуа. Æз та мæ рæуæг сæрæй ахæмтыл нæ ахъуыды кодтон раздæр æмæ мын ныххатыр кæн... — Заре, куыницы дын æмбарыи дæ ныхæстæн, дæ нывонд фæуон, — уыцы дызæрдыггъуызæп йын ныккаст йæ цæсгоммæ Цуца. — Гæбæцион мæ ацардыдта, йе ’взаг бахус уа... — Æмæ Гæбæцпоны æз ам æмгæрæтты уынгæ дæр куынæ фæкодтон. — Мæ фыды ауылты цæугæ куы федта, уæд пæ фæ- дыл рацыд донмæйы æфсон. Бахъахъхъæдта йæ, фæлæ фæстæмæ куыд ацыд, уый, æвæццæгæн, нал федта æмæ... Дæ ныхæстæ дын куы фехъуыста, уæд уый та... — Æвæццæгæн мæм хъуыста сусæгæй, — пæ сæр бан- къуыста Цуца. — Æтт, мæ иу цонджы хаудæй йæ уым куы аййæфтаин. Æмбонды æддейæ куыд лæууыд æмæ мæм куыд хъуыстаид, уый ныр уайы мæ цæстытыл æмæ йæ уьш куы аййæфтаии. А-чызг ын пæ дæргъ æмæ йæ уæрх бæргæ сиу кодтаид, фæлæ... Æ, йæ цæсгом басудза, цымæ ма йæ ахæм’ныхæстæ, ахæм хъуыддæгтæ æндавгæ та куыд кæпынц? Æниу,- цы? Ибон мæм æртхълрæн ба- кодта. Мæ хъæубæстæн, дам, мæ ды сæнад кодтай æмæ, дам, фенæм... — Уæд мын йæ сæр æрбамæла, уый размæ тынг ад- джын уыд хъæубæстæн, — Заре æпæрхъуыдыйæ пæ мнд- былты бахудт æмæ Цуцайæ фефсæрмы, фæлæ пæм аивæй куы бакаст, уæд ын йæхи хурсыгъд цæсгомыл дæр мид- былхудты фæд федта æмæ йæ зæрдæ цыдæргъуызон ба- рухс пс. — Æз та ма йæ фæхонынмæ хъавыдтæн, — ныр æр- гом бахудт йæ мидбылты Цуца. — Кæй уыдтæ фæхопинаг? — дисгъуызæй йæ афарс- та Заре. — Гæбæционы уыдтæн фæхоннпаг. Фæтæригъæд ын кодтон. Айразмæ мæм куы бартхъирæнтæ кодта, уæд ын фæтæригъæд кодтон, хъæубæстæй æцæгæй кæн у нппæрд, уый тыххæй æмæ йæ, зæгъын," мæхимæ æрбахæстæг кæнон, 261
Чи зоны, зæгъын, адæмы хъæр бамбарид. — Нæ, Цуца, — хъуыддаг хорз æмбарæг адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта Заре, — уæд зæгъдзæн, зæгъгæ, мæ фæтарст æмæ мæ цæмæп тынгдæр тæрса æмæ мын хуыздæр лæггад кæна, уый тыххæй дыл фылдæр дам- думтæ таудзæн. фæлтау дзы дæхи хиз. Ма йæ фæхон... — Ныр та ма йæ кæцæй фæхондзынæн? — ногæй та йæ мидбылты бахудт Цуца. Бахудт æмæ йыл уьшы дзæ-- бæх фидыдта уыцы мидбылхудт. Тынг ыл фидыдта æмæ’ Зарейæн æхсызгон уыд. Æгайтма йе ’рбалæбурд дзæ- гъæлы фæцис, фæлæ бынтон дзæгъæлы нæ фæцис. Æгайт- ма Цуцайы зæрдæйы цауд равг иу чысыл фæрухсдæр кодта æмæ уыцы рухс разынд йæ хурсыгъд цæсгомыл. Уыцы рухс ын рафидауын кодта ’ йæ сагъæсгъуыз цæс- гом æмæ уымæй барухс ис Зарейы зæрдæ... * * * Фæцис хæст æмæ здæхынц, залиагкалмау кæй бау- уылдта æмæ пын æххæст аныхъуырыи чи нæ бакуымдта, уыцы фæллад, уонгцух салдаттæ. Здæхынц, фæлæ, цы хуыз,-цы уынд, цы фидыц ахастой, уый дзьгфæстæмæ ии- чиуал хæссы æмæ хъæубæстæн, æмæ сыхбæстæн, æмæ комбæстæн фæзын вæййы, йæ тохы балцæй та йæ бæлц- цæттæн чи æрыздæхт, уып базонын. Нал æй базопынц æмæ, цалынмæ зынбазопæн бæлццон хъæумæ, уæзæгмæ не ’рбахæццæ вæййы, уæдмæ адæм сусу-бусунæ кæрæдзи ’’ фæфæрсынц: — Цымæ уæртæ, дыууæ лæдзæг æмæ иу къахыл чи ’рбацæуы, уый та кæцыты лæппу уыдзæн? — Цымæ уæртæ, йæ иу дыс афтидæй йæ роны тъыст кæмæн у, уый тæкæцы уыдзæн, мæгуыр? — Цымæ уæртæ уый та йæ рахис къах ■ лæдзæджы хуызæн растæй чи’æрбахæссы?.. Æ, дудгæбон ныккæна, Тыны хъæуы сагсур фæсивæ- дæн сæ фидауыцджын уæнгтæ афтæ чи ныффыдуыпдтæ кодта, уыцы хæст расидæджы хæдзарыл, уый уæзæгыл! Æ, дудгæбон ныккæна, мад йæ хъæбулы, мад йæ зæр- диаджы кæй аххосæй нал базоны, уып иыййарæгыл!.. Тыны хъæуы сывæллæттæ сæ хъазæи быиæттæ пыу- уагътой æмæ бон изæрмæ бадынц, къахырыл дыууæ фæндаджы астæу цы къаннæг пæзы бæлас ис, уый бын.. Бадынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, комы фæзилæпæй та 262
ног иудзоигон, науæд иукъахыг кæд фæзындзæн, уымæ. уыцы иудзонгонтæ æмæ иукъахыгтæ афтæ сбирæ сты, а?мæ Тыны хъæумæ цыхуызæн фæнды сахъатимæ дæр дыууæ къахыл, науæд дыууæ цонгимæ чи ’рбацæуы, уы- цы сахъатдзинæдтæй иу дæр кæмæ нæ вæййы, уый сæм пымады нæй. Уый хæстон лæг нæу Тыны хъæуы сывæл- лæттæн æмæ ахæм куы фæзыны, уæд сын фæзын вæййы пу фарст аскъуыддзаг ’кæнын: лидзой хъæумæ хæрзæг- гурæггаг, æви ма алидзой? Æмæ-иу фылдæр хатт нæ алыгъдысты. Р1æ дыууæ къахы дæр æмæ йæ дыууæ цон- джы дæр^ æвыдæй чи æрхаста, уымæй цæй хæстон ис, зæгъгæ? Ахæм зондахастыл хæст уыдысты’ Тыны хъæуы сывæллæттæ ,сæ бонæй сæ уа!.. Фæлæ иу къах æмæ дыу- уæ лæдзæгыл исчи æрбацæуы... Фæлæ, йæ дыс йæ ро- ны тъыстæй, науæд та йын æй дымгæ дардыл куыд фæйлауа, афтæмæй исчи æрбацæуы, уæд Тыны хъæуы сывæллæттæ сæ сæрыл сисынц бæстæ. Уæд сæ хъæр йæ- хи фæхоны дæллаг ком æмæ уæллаг комы хохвæхстæ æмæ къæдзæхтыл- Йæхи фæхойы æмæ сæм фæстæмæ уы- цы лæгъзтæгæнæджы хуызы фездæхы уыцы хъæр. Фез- дæхы сæм уынгæджыбоны айзæлды хуызæнæй, цыма сын лæгъзтæ фæкæны, зæгъгæ, мауал мæ фыдæбопæй марут, тыныхъæуккаг бынмизтæ. Хъæр дæн æмæ мæ къæдзæх- тæ æмæ хохвæхстыл цы хойут? Сындæгдæр мæ куы ауа- дзат, уæд уын уый тыххæй исчи уæ хæрзæггурæггаджы лæвар æмбæхсгæ бакæндзæк? Фæлæ «тыныхъæуккаг бынмизтæм» ахæмтæ нымады нё сты: фæзынд сын куыст, уæд кусынц зæрдиагæй... Фæлæ та сыы уыцы бон дæр фæзын ис. Сæ хъæр кæмтты къæдзæхтæ æмæ къулвæхстыл ныххойой æви нæ, уый сын фæзын ис. Комы фæзилæнæй æрбазынд иу бæлц- цон. Æфсæддон дарæс ыл бæргæ ис. Уыцы бæлццон дæр йæ дарæсмæ гæсгæ «уырдыгæй» здæхы бæргæ, фæлæ йын уый цыхуызæн æгъдау у? Йæ дыууæ къахыл уыцы дзæ- бæх уайы, гъе! Цыбыр æмæ рог къахдзæфтæй уапы дзо- ныгъвæндагыл. Иæ цæнгтæ уыцы дардыл тилы, цыма тыныхъæуккаг сывæллæттæм æрдхъирæн кæыы, фæлæу- ут, зæгъгæ, бынмизтæ, æз уын дзæбæх хæрзæггурæггаг райсып кæндзынæн абон! Æз уын уæ йбоны куысты мызд дывæрæй бафидын кæндзынæн, фæлæ-иу сæ уæ быз- гъуыр хæлæфты скъуыд дзыппыты арф бафснайут, цæ- мæй уын ма ахауой!.. Æмæ йæм уыдон дæр смæсты сты. Тыны хъæуы сывæл- лæттæ йæм смæсты сты, кæй сæм «æрдхъирæнтæ» кæны. 263
уый тыххæй. Йæ къах дæр дзы ничи авæрдта хъæуы- рдæм. Хъæр нæ, фæлæ дзы сыбар-сыбурæй дæр ничи ни- цы сдзырдта. Дæлгоммæ ныххуыссыдысты нæзыйы быц. , Сæ чысыл æрмтты æнгуылдзтыхтæй кæрæдзийы сæр æрæ- вæрдтой. Сæ роцъотæ сæм æруагътой æмæ сæ цæстæнгас скодтой комы фæзилæны тæккæ рæбыпмæ: æнхъэелмæ кастысты, сæ цæсты иууыл кадджындæр чи сси, ахæм • бæлццоны фæзындмæ. Бæлццон куыд хæстæгдæр цыд, афтæ йæ цæнгтæ но- джы дардылдæр тылдта, æмæ сывæллæтты йæ фенын нал фæндыд. Иугæр дзы хъæуырдæм йæ къах пнкæй ахаста, иугæр дзы й& хъæраен хъæу йæ сæрыл ничи систа, уæд сæ уыцы бæлццоны фенын, комкоммæ йæм бакæсын дæр пикæйуал бафæндыд. Сæ чысыл зæрдæтæн цæмæндæр ад’джын нæ фæнис, æмæ йæ фæндагæй сæхи ахибар код- той. Къахыры бын дæллаг фæндагыл куы фæзылд, уæд уыдон та къутæртæм ныббырыдысты. Хæстон развæд- сгарджытау сæ гуыбыпы цъæрттыл ныббырыдысты къу- тæртæм æмæ æнхъæлмæ кастысты, бæлццон къахырæй кæд фæуæле уыдзæн æмæ хъæуырдæм кæд сивгъуый- дзæн, уымæ. Æмæ дын бæлццон, йæ цæнгтæ дардыл чи тылдта æмæ уыцы рог къахдзæфтæй чи цыд, уыцы бæлццон дын, уыцы æнæзынд, æнæуындæй хъæумæ куы баивгъуы- ид. Хъæубæстæ ницæмæ æнхъæлмæ кастысты. Уыдон са- хуыр сты ахæм уагыл: нырма уал къахырæрдыгæй æр- байхъуысы сывæллæтты ура, сывæллæтты хъæр. Уый фæстæ фæзыны бæлццон йæхæдæг дæр. Æмæ уал раз- дæр сывæллæтты урамæ фенхъæлмæ кæсыиц. Ныр Ты- ны хъæу сæ бæлццæттæй искæй фæзындмæ æнхъæлмæ кæсынæй тынгдæр æнхъæлмæ кæсынц сæ сывæллæтты хъæртæм. Æмæ уыцы бон ахæмæй ницы æрбайхъуыст, афтæмæй бæлццон æрбалæууыд хъæуы фыццаг хæдзары раз- Æмæ ма уый размæ дæр кæддæрты уыд ахæм ха- бæрттæ, фæлæ ууыл хъæубæстæ нæма фæцандагъ сты æмæ сæм алы хатт дæр дисау фæкæсы. Алы хатт дæр сьш ахæм бæлццоны фæзынд æпæнх-ъæлæджы хабар вæййы. Фæлæ уæддæр бæлццон бæлццон у. Тыны хъæуæн сæ бæлццæттæй чи фæнды фæзынæд, алы хатт дæр ыл иу- мæ фæцин кæнынц. Алы хатт дæр ыл тыгуыртæ фæкæ- нынц. Æмæ та ныр дæр афтæ. Æмæ та ныр дæр æмбырд- тæ кодтоп, сæ хъæуы фæсивæды фидыц кæй хуыдтой, кафаг æмæ зараг чи уыд, йæ уæнгты æмæ йæ цæсгомы 264
аив кондæй чызджыты зæрдæтæ сагъæссаг чи кодта, чыз- джытæ-иу сусæгæй йæ аив цæсгоммæ кæмæп кастысты æмæ йыл псты апппытæ кæмæн агуырдтой (сæ зæрдæты катай фæсæттыны ныфсæй), уыцы Иласыл. Цин кæпыпц С1р бæлццоныл. Дывæр цин ыл кæнынц. Æгайтма уыйг уæддæр æрцыд быптон æнæаиппæй, фæлæ сæ Илас цæ- мæндæр пæ цæсгом æмбæхсы. Цæмæндæр йæ худ дары пыллæг, #æ цæстытæп нæ исы уыцы дынджыр кæсæн- ма^стытæ. Æмæ ма уып дæр, фæлæ æдзух йæ цæсгом фæрсырдæм знлы... Æмæ йын æм уæд аивæй бакæстытæ кодтоп... Федтой йын æй æмæ... Æипу ын æм цæн аивæп бахæсын хъуыд? Уæдмæ дæр нм йæ уавæр бнрæтæ фæхатыдтой. Цæсгом æгасæп æм- пъызтытæ кæй уыд, уый уæдмæ дæр бирæтæ фæхатыдтой, фæлæ пып æй ахæм хуызы феиыи нпкæй фæндыд æмæ алчи дæр йæхинымæры йæхицæн ныфс æвæрдта, нæ, зæгъгæ, уый мæн мæ цæстытæ фæсайдтой. Иласæп иæ раздæры рæсугъд цæсгом ис йæ уæлæ, фæлæ мæн мæ пæстытæ фæсапдтой, æмæ йæм ныртæккæ комкоммæ куы бакæсон, уæд фендзысты мæ цæстытæ уыцы рæсугъд цæсгом. Мæнæн та мæ цæстытыл мæ зæрдæ фæхуддзæн, фæсайынмæ мæ кæй хъавыдысты, уый тыххæй. Алчи дæр дзы ахæм ныфс æвæрдта, гъе, пæхицæп æмæ йæм ныр рпвтæй уымæн кастысты, фæлæ.-. Æ, уæд сæ рухс, æнусон цырагъау, цæхæрæп фæсу- дза, сайыи æмæ фæливын чи ’пæ зоны, уыцы дзæбæх цæстытæн! Иласæп нæ цæсгомы цармæй йæ уæлæ пу судзины бы- ныйас гæппæл дæр пал уыд.. Сыхуылтæ, ссывдтытæ, дыр- къуымтæ. Кæм къуыстилы комыл баст серайау — пвæзт, кæм синаджы æлхыпцъау — къуыбæрттæ. Йæ уаду- , аы къуыбызтæ йын цыма мысалгъæп пыххостæуыд, уы- йау пытътъæпæн сты, уыцы æмхуызон тъæпæп цæсгомыл уыцы тъæпæиæй ныддæвдæг ис, фындз рахопæн зынæй кæмæн уыд, ахæм æвидыц хæлынгонд цыдæр. Фын- дзыхуыпчъыты бæсты дзы зыпд дыууæ лыстæг хаххы. Уыцы «фыпдзы» бын палдæр был бæрæг уыд, палдæр роцъо. Ивæзт æмæ æлхынцъытæ цармыл дзыхы бæсты Цыд иу’цыбыр тæссармæ хахх. Исты-иу куы дзырдта Илас, уæд уыцы хахх цыдæр æнахъпнопхъизæмайраджы тæлфт кодта æмæ адæнмаджы зæрдæпыл мæлæтр^т тас æфтыдта. Ахæм уавæры уыдысты цæстытæ дæр. Уыдо- пæн сæ «фæлгæттæ» чысыл парахатдæрæп аззадысты, фæлæ сæ сæрмæ æрфгуытæ уыцы æвидыц тъæпæн æмæ 265:
сыхуылтæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæм тынг зын уыд бакæсын- Æмæ уыцы цæсгоммæ бакæсын цас зыи уыд алкæмæн дæр, уый бæрц зын сын уыд, афтæ бирæ кæмæ æнхъæл- мæ кастысты, уыцы бæлццæттæй абон сæ къухы чи баф- тыд, уый йæ цæсгом афтæ кæп æмбæхсы, уый дæр. Госæ йæм хæстæг бацыд. Йæ галиу цонг ьтн йæ фæ- соптыл æрбатыхта, рахисæй йын йæ къæбутмæ сæвнæлд- тг æмæ пæ йæхирдæм æртасын кодта. Йæ зæрды уыд, цыхуызæн фæндыйæ дæр ын хъуамæ йæ уадулæн апъа кæпа æмæ йæ барæвдауа. Иласæн, æвæццæгæн, æхсыз- гои уыд уыцы узæлд æмæ йæ сæр æркъул кодта Госæйьг, размæ. Уый ацагуырдта, цы ран апъа кæна, ахæм бынат,-/ фæлæ уыцы æвидыц цармы гæппæлтæ ноджы хæстæг- дæрмæ куы федта, уæд йæ зæрдæ ныккæрзыдта æмæ йæ зæрдæ куы бахъарм уа, уымæй фæтарст. Фæтарст æмæ,. йæ цæстытæ фæцъынд кодта Уыпгæ куы нал кодта уы- ’ цы фыдæмпъызтытæ цармы гæппæлты, уæд йæхн фæфи- дар кодта æмæ йæ былтæ авæрдта, кæдæм фæкомкоммæ сты, уым. . < Илас фæхатыдта, Госæйæн цы стыр зæрдæзып скод- та, уый, æмæ йæйи зæрдæ дæр суынгæг ис. — Цы саразон, Госæ, — сдзырдта мæиъæл хъæлæ- сæй. — Æндæр балцамонд мæ нæ фæцис, Госæ, æмæ цы кæнон? Ахъавыдтæн, зæгъын, мауал аиæуон нæхимæ. Мæпæ ныртæккæ цы зындзинад бавзæрстоп уæ цæсты- тæ, уый, зæгъын, ма бавзарыи кæнон мæ хъæубæстæн, мæ бинонтæн. Рахъавыдтæн-иу афтæ. Бирæ зæрдæсæт- тæн хъуыдытæ-иу мæм фæзынд, фæлæ-иу мæ уæд ноджы тынгдæр батавта мæ уæзæджы хъарм, тыпгдæр-иу мæм бандæвта мæнæ ацы хæхты комулæфт æмæ мын иæ лæ-' вæрдта æидæргъуызон ахъуыды кæныны фадат... — Нæ, нæ, дæ нывонд фæуон, Илас,— Госæ та йын йæ астæуыл йæ цонг æрбатыхта. — Махæн нæ бæлццæт-- тæ цыхуызæнфæндыйæ дæр нæ зæрдæтæн æмæ нæ цæс- тытæн зыиаргъ сты. Мах зонæм, цæй æмæ кæй сæрвæл- тау æрхастой нæ бæлццæттæ сæ хоскæрдæн цæнгтæ, с& фæдисы уайæн къæхтæ, сæ удрæвдауæг рæсугъд цæс- гæмттæ, уымæй фыддæр та — дунейыл иууьтл зынаргъ-, дæр æмæ иууыл уаздæр — цард. Уæдæ нæ ды дæ цæс- гомьт сахъаттæ ма æмбæхс, дæ ньтвонд фæуон, Илас. Мыййаг, къæрных кæнынмæ куынæ уьтдтæ æмæ дыл аф- тæмæй куьтнæ æрцьтд ацы æнамон’д хабар... — Нæ, Госæ, нæ, — цыма уадындзы фу кодта, ахæм 266
хуызы хъуыстысты Иласæн йæ дзырдтæ уыцы æвидыц цæхгæрмæ угардæй. — Давынмæ уыдтæн. Тæккæдæр давгæ кодтон, афтæмæй мыл æрцыд ахæм хабар... — Алæ, мæ мард фенай, дæхиуыл тугтæ ма мыс,— чи йæм х’ъуыста, уыдон иудзæвгар фæсæццæ сты, стæй та Госæ ногæй фæсæрæндæр ис. Нæ йæ бауыриыдтой Иласы ныхæстæ æмæ сдзырдта йæ мидбылты гæзæмæ фæхудгæйæ: — Дæхиуыл тугтæ цæмæн мысыс, дæ ны- понд фæуон, Илас? Мæнæ ам нæ цуры куы схъомыл дæ æмæ фысы комæй хал куыникуы раластай, :хъæуы де ’ыцахъхъæн лæппуты хъуаджы къаннæгæй дæр искæй цæхæрадонмæ джитъритæ давынмæ куыникуы бахыз- тæ, уæд уым дæ сæрмæ ахæм худинаджы хъуыддаг ба- хастаис? Нæ, уый дын никæй хъуыры ныххиздзæн, фæ- лæ дзæгъæлы ма мыс... — Нæ, Госæ, мæнгæй ницы мысын мæхиуыл, — йæ къухыл хæрдмæ схæцыд Илас, афтæмæй дзуры.—Мæ- пæ дын ме ’мпъызтытæ цæсгомæй ард хæрын, кæд да- вьшмæ нæ уыдтæн æмæ мыл афтæ’мæй не ’рцыд... — О, æмæ уæдта тыхст лæг алцы дæр кæны, на- уæд... — йе уæхсчытæ фелхъывта Госæ. — Уый æндæр хъуыддаг у! — æхсызгоы уыд Илаеæн, йæ ныхасыл ын кæй баууæндыдысты, уый, фæлæ та Госæ пыхас иннæрдæм ныццавта: — Æмæ ма хн уæзæгыл, хи комбæсты куы радавай, уæддæр дын æй де ’мтуг, де ’мыстæг адæм ныххатыр кæндзысты. Дæ рæдыд ми дын æндæр адæмты рæгъ- мæ нæ рахæсдзысты, фæлæ æцæгæлон зæххыл, æцæгæ- лон адæмы ’хсæн куы саразай ахæм æгады ми, уæд та дзы, мæ цыбыр зондæй, худннаг кæныс канд дæхи пæ, фæлæ, кæм райгуырдтæ, кæм схъомыл" дæ, цы адæмы хатæй дæ, уыдоны иууылдæр... Госæйы ныхæстæм Иласы æмпъызт цæсгомы царм, сойæ сæрстау, уыцы уымæл æрттывд- ныккодта. Бæрæг уыд, йæ мидбылты кæй худы, уый, фæлæ уыцы æнамопд мидбылхудт куыд æмæ кæм разыидаид, уый йын нæ уыд æмæ уый тыххæй сæрттивын кодта уыцы ивæзт царм... Худт йæ мидбылты Илас æмæ йæ цæстæнгас хаста, йæ алыварс уыцы æгуыппæгæй чи лæууыд, уыцы адæмыл. Уыдонæн сæ ахаст æмæ сæ цæстæнгасыл бæ- рæг уыд, Иласæн, Госæ куьтд зæгъы, афтæмæй йæ «рæ- Дыд ми», йæ «æнæуаг ахаст» ныббаринаг кæй не сты, «сæ уæзæг сын кæйдæр адæмы ’хсæи кæй фæхудинаг кодта», уый тыххæй йын карз тæрхон рахæссынмæ кæй 267
хъавыпц, уый. Уыцы цæстæнгас сыл, мыхуырау, зынд æмæ Илас та йæхинымæры худгæ кодта. Кæддæр цЬ1 уыд, уый сæ кæй нæ ферох пс æмæ, æцæгæлон зæххыл æцæгæй исты худпнаг ми куы бакодтаид, йæ адæммае, йæ уæзæгмæ æгаддзинад куы ’рхастаид, уæддæр ын æй* дард æмæ хъизæмайраг балцæй кæй æрыздæхт, уый тыххæй кæй пæ ныббардзысты, хæсты уæззау азтæ сæ кæй нæ басастой æмæ, ны хуызæн уыдысты, афтæ фидар æмæ æгъатырæй кæй баззыдысты, уын Гшн æхсызгон уыд æмæ нæ тагъд кодта хъуыддаджы æцæгдзинад сын бамбарын кæныныл. Фæлæ адæм æгæр знæт кæнын куы байдыдтой, уæд Госæйы уæхскыл йæ къух æруагъта Илас, адæмыл ма ноджы иу хатт йæ цæст ахаста. Ныр ын йæ цæсгомы дызгъуынтыл дæр пу чысыл кæй фæцайдагъ сты æмæ сын сæ цæстæнгас афтæ тынг кæй нал схойы, уый фæха- тыдта æмæ нал æмбæхста йæ цæсгом. Уыцы дзæбæх сæм æй æвдыста æмæ афтæмæй райдыдта дзурын: — Госæ, мæ хорз хъæубæстæ, сымах куыд æнхъæлут, ахæм къæрных кæныны балцы, мыййаг, нæ уыдтæн, мæ- нæ мын мæ цæсгом афтæ куы ныззыгуым кодтой, уæд. Давгæ, æцæгæй, кодтам, фæлæ-иу мæнæ ам чндæртæ, æцæгæй, кæйдæр цæхæрадонæй джитъритæ, кæйдæр скъæ- тæй фыс, науæд сæгъ, стæй, æгæрстæмæй, кæрчытæ дæр куыд радавтой, æз ме ’мбæлттимæ, мыййаг, ахæм хуы- зы нæ давтам. Мах давтам адæймаджы, уымæй дæр хуымæтæджы адæймаджы нæ, фæлæ немыцаг афицеры... Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, адæм уыцы æмызмæлд скодтой. Кæмæн дзы йæ цæсгомыл бузныджы нысæнттæ фæзыпд, кæмæн та дызæрдыджы фæлм. — Уæдæ, мах хъуамæ радавтаиккам немыцаг афице- ры, — дарддæр дзырдта Илас... Командир æм фæдзырдта иу бон æмæ йын афтæ зæгъы: — Цæй куыд у, тыныхъæуккаг, де ’мхъæуккæгты ту- гæй дæм исты ис æви йæ раивтай? Цæй тыххæй йæ афтæ фæрсы, уый Илас нæ бамбæр- ста æмæ йе уæхсчытæ фелхъывта. — Нæ дæ бамбæрстон, Хосройы фырт, цавæр туджы кой кæныс? — Тыпыхъæуккæгтæ, дам, кæддæр давынмæ рæвдз уыдысты, — йæ мидбылты худы командир, афтæмæй ком- коммæ кæсы Иласы рæсугъд цæсгоммæ. Кæсы йæм ком- коммæ, цæмæй, йæ зæрдæйы цы ис, уый дæр базона ра- 268
гаЦау æмæ ма уыцы фидауыцджын цæсгомы бæрджытæ яæр хуыздæр бадара йæ зæрдыл (фæстæдæр йæ зæрды чиныг фыссын уыд йæ хæстон æмбæлтты тыххæй æмæ дзы Иласæн хъуамæ уыдаид сæрмагонд бынат, уый тыххæй йын йæ алы фезмæлд, йæ уæнгты равæрдмæ алы хатг дæр каст лæмбынæг. Хъуамæ, куыддæриддæр у, аф- \æ рæсугъдæй йæ сныв кодтаид чнныджы). — Тыныхъæуккæгтæ давтой, давын кады хъуыдда- гыл, сæрæндзннадыл нымад куы уыд, уæд, — йæ мид- былты бахудт Илас дæр, стæй ма йæ ныхасмæ баф- гыдта: — æниу дзы давгæ дæр чи кодта? Уыцы иу Духи \ ыдис, æмæ уый дæр галæй къаддæр кусæрттаг радавын пæ сæрмæ никуы бахаста. Духн та кæмдæр ахæм къан- нæг æмæ ахæм тæнтъихæг лæг уыд, æмæ йын гал рада- вып алчи дæр кады хъуыддагыл нымадта. Иуахæмы дам ыл тæрхондонмæ уыцыиу рæстæджы бацыд æртындæс хъасты. Æртындæс дæр уыдысты галты тыххæй. Тæр- хонгæнæг æнхъæлдта, зæгъгæ, цавæрдæр уæйыг уыдзæн æмæ йæ æрбахонып кодта йæхимæ. Æрбахонын æй код- та æмæ уыцы гыццыл лæджы куы ауыдта (галты хи- цæутты ’хсæн куыд нæ уыдаид æйтт-мардзæ лæппутæ!), уæд бирæ фæхудт, стæй йын афтæ зæгъы: «Айæппæт уæйгуыты афтæ кæм фæкуырм кодтай, уым ды, æвæццæ- гæн, сæрæн лæппу уыдзынæ æмæ дæ сæрибар кæнын. Æцæг, дæ давын ныууадз, науæд дæ исчи йе скъæты куы амара, уæд-иу мæпмæ мауал æрбацу æххуысагурæг». Духи, дам, ын йæ сæрæй ныллæг акуывта, йæ сæрæй акуывта, кæй галтæ фæдавта æмæ йын ныр фесафыны æнхъæл чи уыд, уыдонæн дæр (барæй), стæй рахызт æддæмæ. Йæ бæхыл абадт æмæ сæхимæ цæугæйæ хъуы- ды кодта, ахсæв кæй гал радава, ууыл... — О, фæлæ кæцыдæр мæгуыр лæгæн уыцы иу гал ис. Уый у йæ бинонты дарæг æмæ йып уый дæр радав. Аргæвд æй æмæ мæгуыр бинонты æнæдарæгæй ныууадз, уый цас кады хъуыддаг уыд? — æвæццæгæн, Иласы æп- пæлæн ныхæстæ нæ фæцыдысты Хосройы фырты зæрдæ- мæ: йæ цæсгом æгæр мæстæггъуызæй разынд. — Нæ, Хосройы фырт, — йæ сæр æмæ йæ къух уы- ЦЬ1 иумæ батылдта Илас, — Духимæ алцы дæр нымады Уыд. Уый йæ дарæг гал никуы никæмæн радавта. Æгæ- Рстæмæй, дыууæ галы кæмæ уыд, уымæн дæр сæ кæ- Рæдзийæ никуы фæхицæн кодта, никуы сæм февнæлдта. Фæлæ дыууæйæ фылдæр кæмæ уыд, уыдонмæ та мæсты кодта. Дыууæ галæй фылдæр æй цæмæн хъæу’ы, зæгъгæ, 269
афтæ-иу хъуыды кодта æмæ-иу ахæм лæгæн йæ уæлдайГ галтæ радавта... — Кæд афтæ, уæд уый мæ зæрдæмæ цæуы, — йае- мидбылты та æхсызгон худт бакодта Хосройы фыргг æмæ æрæвнæлдта хъуыддаджы ныхасмæ: — О, фæлæ- Илас, мах ныр радавын хъæуы дыкъахыг гал. Комком-ч- мæ дæр гал. Фæлтæрд гал. Уæигуытæ йеттæ нын ницы;< къух ратдзысты. , ; Хъуыддаг лæмбынæг бамбарын кодта Хосройы фырт-; Иласæн, бафæдзæхста йын, зæгъгæ, нæ размæбырст цæ~', мæй нывыл ацæуа, -уый тыххæй нæ знаджы тыхты ра- „ вæрды тыххæй хъæуы бæлвырд зонæнтæ. Уыдон та æр-.; мæстдæр уыдзысты дзæбæх, цæстыахадгæ «галмæ». Но/ джы ма йын загъта, зæгъгæ, лæппуты дæхæдæг хорзч зоныс æмæ дзы равзар, къух дын чи датдзæн, ахæмты... Сæ «къæрныхы» балц хорз рауадис, бæргæ: рамырх-", той немыцаг булкъоны, фæлæ, фæстæмæ куы здæхтыс-^ ты, уæд иуран сæ алывæрсты цъыввиттытæ кæнын бай- дыдтой нæмгуытæ. Исчи сæ базыдта æви кæмдæр расыг - немыцæгтæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн дзæгъæл гæрæхтæ*. кодтой, уымæн ницы бæрæг уыд, фæлæ æхст æгæр куы сарæхис, уæд сæ зæххыл æрхуыссын бахъуыд. Æрфæл- дæхтой сæ давæггаг «галы» дæр æмæ... Цыдæр тыхджын срæмыгъд ма фехъуыста Йлас, стæй ницыуал базыдта... Йæхи куы æрæмбæрста, уæд йæ цæстæй ракаст, кæм дæн, зæгъгæ, уый хъуамæ басгæрстаид, фæлæ дуне уыд’ талынг. Никуыцæй йæм ницы зынд, афтæмæй та йе уæнгтæ азмæлынмæ дзæбæх кастысты йæ коммæ. «Уæдæ ма уый цавæр диссаг у? — хъуыды кæны йæ- хинымæры. — мæ алыварсты адæмы хъæлæба куы цæ- уы, нæхирдыгон, уырыссаг ныхас куы ахсынц <мæ хъус- тæ, уæд уынгæ цæуы’лнæ исты кæнын? Ау, ахæм мæйда- ры архайынц уыцы адæм?» Ницы бамбæрста. Бафæрсын дæр’ æй фæндыд, фæлæ цæстытæй хъауджы, дзых дæр нæ бакаст йæ коммæ. Дзырды номыл дзы ницы ратагъд æмæ йæ уæд уый дæр пыууагъта. — Фæстæдæр æй базыдтон, — дзырдта д&рддæр Илас, — зæххыл куы ’рхуыссыдтæн, уæд мæ цæсгомЫ тæккæ цур сæмбæлд хæлæн нæмыг. Сæмбæлд æмæ- Цæсгомæй, дам, дæ уæлæ ницыуал уыд, афтæмæй, дамг д’æ æрбахастой де ’мбæлттæ... Хуьщау сын ма уæд уьшьг дохтыртæн, — уыцы æрхæндæггъуызæй ыыуунæргъыд^^ Илас. — Адæймаг цæсгомæй у. Йæ намыс дæр æмае йæ 270
фидауыц дæр цæсгомыл баст сты адæймагæн. Къах куы ахауа, уæд уымæн ницы у. Дыууæ лæдзæджы бавæр де ’нцой æмæ уыдон æххуысæй дæ иу къахыл гæпп кæн. Уый адæймагæн йæ намысмæ дæр æмæ йе ’ддаг бакаст- мæ дæр уадиссаг нæ ныхилы. Цонджы ахаудæн дæр ни- цы у. Иу къухæй дæр цыдæртæ аразæн нс. Ноджы дæ къандзол куы æрбауæлæфтау кæнай, уæд дæ зонгæ дæр ничи бакæндзæн. Иу цонг дын ис æви дыууæ, уый ни- 1]и базондзæн. Фæлæ ацы æнæхайыры цæсгомæн ницæ- мæй ис баивæн, нæдæр ын бамбæхсæн ис... Æмæ дох« тыртæм хæцыдтæн, зæгъын, мæ мæгуыр лæджы кæрцау цы нымпъызтытæ кодтат? Мæ буары царм мын æм- нъузæнхоргай куы фæлыгтæ кодтат æмæ мын æй мæ цæсгомыл куы фемпъызтат, уæд уын уый цыхуызæн дохтырдзинад у? Уыдон мæ дзурын дæр не суагътой. Амæлынмæ, дам, нæ хъæуы, бæллын, фæлæ цæрынмæ. Мах, дам, тырнæм уымæ, цæмæй адæймаг цЫхуызæн фæндыйæ дæр баззайа удæгас æмæ тох кæна знæгты ныхмæ. Уагæры, дам, дæ къах, науæд дæ цонг куы ахау- даид, уæд... Зæгъын, уый фæлтау мæ дыууæ цонджы, науæд мæ дыууæ къахы... Æмæ ма, дам, уæд знагимæ дæ фындзæй тох кодтаис? Дæндагæй, дам, ыл хæцыда- ис? Ныртæккæ та, дам, дæу æппындæр ницы хъыг да- ры æмæ цæугæ кæн фронтмæ. Цæугæ, дам, кæн æмæ дæ туг дæхæдæг райс уыцы æнаккæгтæй. Уæд мæ æцæг бауырныдта. Бауырныдта мæ дохтыры ныхæсты рæст- дзинад. Уæдмæ мæнæй цæй хæцæг лæг уыдис? Хæцгæ та куыд нæ кодтон, фæлæ мын уæдмæ æндæр мæтаг дæр уыд. Мæн фæндыд уæдмæ, цæмæй мæ цард дæр ба- хызтаин æмæ-иу уый фыдæй кæмдæрты, чизоны, фæ- къуылымпы дæн. Ныр мæ уый мæт нал уыд. Цæмæн ма мæ хъуыд ахæмæй мæ цард?.. Æмæ, цин дын афтæ фенон!.. Фæлæ мæм знаджы нæмыг хæстæг нал æрцыд. Æвæццæгæн мын фыдæнæн ми бакодта хæстон лæджы хъысмæт æмæ йæхи ныххæррæг кодта. Нал аивта йæ фыдвæнд. Хъуамæ, дам, мæнæ ахæмæй фæцæуай дæ хъæумæ, æмæ дын дæ цæсгомы уындмæ тæхуды чи код- та, уыдон дæ ныр та тæрсгæ куыд кæной. Æз дæр, бæргæ нæ састæн. Бæргæ аскъуыддзаг кодтон, зæгъын, уæдæ мæ дæ сæгъ скæн, ацы цъаммар хъысмæт, æз мæ цæс- гом афтæмæй нæ хъæубæстæн куы фенын кæнон. Кæд ма мæ цæрын бахъæуа, уæд дард искуы. Æппындæр мæ кæм ничи зона, ахæм ран... Фæлæ куыддæр расæрибар Дæн, куыддæриддæр мæ фæндæгтæ мæхи бар баисты, 271
афтæ мæм мæ уæзæджы комулæфт кæцæйдæр æрба- \' фæйлыдта, мæ уæзæджы фарн мæм кæцæйдæр æрба~:" дзырдта æмæ... — Уæ, дæ нывонд фæуон, Илас, — мæцъæл хъæлæ- "• сæй афтæ бакодта Госæ æмæ ныр тынг зæрдпаг пъа ’ ныккрдта Иласы æмпъызт цæсгомæн. Уый фенгæйæ^. Иласы цæсгом фыдуынд никæмæуал зынд. Кастысты ну- ; уылдæр уыцы æмпъызт цæсгоммæ æмæ дзы уыигæ та""' кодтой кæддæры рæсугъд цæсгом æмæ йын иууылдæр пъатæ кодтой... , : У Цалдæр сайды æрцыд Гыны хъæуы сывæллæттылл æмæ сын уый хъуамæ зонд-зонæн уа. Уæдæ куыд нæ" уыд сайд, Иласы тыххæй кæй нæ фесты хæрзæггурæг- гаг йæ зæронд ныййарджытæм, уый! Уыдон хъæуы сæр->. мæ фæскъуыбыр цæрынц. Куы ’рбацыд Щлас, уæд Госæ,;: стæй иннæ устытæ дæр ацагуырдтой сывæллæттæй ис^" кæй, фæлæ дзы ничи разынд. Уыдон уыцы рæстæджы къахырыл нæзыйы бын бадтысты (Илас хъæумæ куьь баивгъуыдта, уæд та сæ бынæттæ æрцахстой). Чи дзы " бадгæ кодта, чи та дæлгоммæ хуыссыд, афтæмæй кас^ тысты комы фæзилæнмæ. Æмæ сывæллæттæй хъæуьР куыничи разынд, уæд Иласы ныййарджытæм Быдзыго-^ йы арвыстой. Уымæй кæсдæр ничи разынд æмæ... Æмæ<' йын Иласы ныййарджытæ иу сæныкк радтой. Заманайы’ урс сæныкк ын радтой. Бынтон сæныкк нал уыд, фæ: лæ — йегъау. Йæ сыкъатæ дзуарæвæрд, мæнæ фысты, раздзогæн куыд вæййынц, афтæ. Сывæллæттæ уый куы федтой, уæд сын сæ фæсмон дугъон бæх дæр нал æй- йæфта: — Иумæ-иу æй хызтаиккам, — фæсмонгæнæджы хъае-, лæсæй дзырдта сæ иу. — Хыл кæнын æй сахуыр кодтаиккам æмæ йыл хъæ- уы цæутæй æппындæр ничи тых кодтаид... — Уый афтæ дынджыр цæу суыдзæн æмæ йыл уæн- гуытæ дæр нæ тых кæндзысты... Ахæм ныхæстæ кодтой, дыккаг бон та къахырыл куы Оадтысты æмæ та комы фæзилæнырдæм куы кастыстьь уæд. Нæ, уый сын стыр сайд уыд. Уый размæ дæр ^а сыл æрцыд цалдæр сайды, фæлæ-иу уыдон тыххæй хæр- зæггурæггаг фæуджытæй кæмæн цъындатæ радтой, кæ- 272
мæн къабайаг. Æмæ уыдон ницы диссаг- сты, фæлæ — сæныкк! Уымæй дæр, йæ сыкъатæ фысты раздзог цæуы сыкъатау, дзуарæвæрд кæмæн сты, ахæм сæныкк! Ныр сыл нал æрцæудзæн ахæм сайд, фæлæ... Æмæ та иу бон комы фæзилæнæй куы ’рбазынд иу æфсæддон дарæсджын бæлццон, уæд сывæллæттæ æп- пындæр дызæрдыг нал фесты. Уайтагъд та сæ хъæр ко- мы къулвæхстæ æмæ къæдзæхтыл йæхи ныххоста. Ных- хоста йæхи сæ хъæр комы къулвæхстæ æмæ къæдзæх- тыл, афтæмæй лыгъдысты фæсхъæумæ. Уым хъæуы адæм æхсырфæй карстой, фырзадæй чи ныккалд, ахæм мæ- нæуы хуым. Сывæллæттæ сын цины хабар куы фехъу- сын кодтой, уæд иууылдæр се ’хсырфты куыристы ми- дæг æрсагътой æмæ фæндагмæ рафæдис кодтой. Рафæ- дис кодтой æмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы бæлццон къахырæй кæд æрбазындзæн, уымæ. Цуца лæууы хибарæй. Лæууы æрттæдæларм æмæ къулбæрзæйæ. Алы хатт дæр афтæ фæлæууы. Сывæллæт- ты хъæр куы æрбайхъуысы æмæ хъæубæсты уыцы фæ- дисы цыдæй хъæуы кæронмæ куы рацæуынц, уæд уый дæр рацæуы. «Чи зоны... цЬ1 нæ вæййы»,— ахæм ныфс авæры йæхицæн æмæ та рацæуы. Фæлæ уыцы ныфс уæддæр Цуцайы зæрдæйы равг уыйбæрц никуы стых- джын кодта, цæмæй æмæнхъæлмæгæсджытæн æрлæууа сæ астæу, науæд та, бæлццон чердыгæй хъуамæ æрба- цæуа, уыцырдыгæй фарс. Хибарæй дæр уæд, фæлæ йæм бæлццон раздæр куыд æрбахæццæуа, ахæм ран. Нæ, уыйбæрц тыхджын никуыма разынд уыцы ныфс æмæ та Цуца дæр хибарæй æрлæууы. Æрлæууы, бæлццонмæ иууыл дарддæр куыд уа, ахæм бынаты. «Мæн ма хуы- цау ахæм амондджын куыд скæндзæн? — йæхинымæры фæдзуры.'— Нæ, мæн хуыцау ахæм амондджын нал скæндзæн æмæ уал мæн разæй уыцы бæлццоныл ацин кæнæд, кæй хæдзармæ цæуинаг у, уый», — афтæ фæзæ- гъьт æмæ та æрттæдæларм æмæ сæркъулæй æрлæууы. Ныр дæр та афтæ... Лексо фыццаг хатт рахызт хъизæмайраджы балцæй йæ уæзæгмæ здæхæг бæлццоны размæ. Госæ йæ нæ уагъ- та. — Уым алыгъуызон цинтæ æмæ хъыгтæ афтæ сæм- тъер вæййынц, уым ахæм удмарæг хабæрттæ фендæуы æмæ фехъуыстæуы æмæ æнæниз зæрдæйæн дæр зын Уромæн вæййынц, — дзырдта йын. — Ды та нырма рын- чын дæ. Дæ зæрдæ лæмæгъ у æмæ нæ бафæраздзынæ. 1В Къæбысты 3. 273
Дæ цæстытæ уыцы æвирхъау нывтæ куы уыной, дæ» хъустæ уыцы æвирхъау хабæрттæ куы хъусой, уæд та ногæй фæрынчын уыдзынæ æмæ мын мæ артыл дош ауадздзынæ. — Ой, не ’фсин, æнææмгъуыд адæймагæн мæлæн. нæй, — сабыр æй кодта Лексо. Цалынмæ мæ рæстæг æрцæуа, уæдмæ нæ амæлдзынæн. Уый фæстæ та мæ- æргъæу чырыны куы бафснайай, уæддæр мæ нал ба’- хиздзынæ мæлæтæй. Уым дæр мæ ссардзæн æмæ... — Дæ бар дæхи, фæлæ... — фæдзæхсæджы цæстæн- гасæй ма йæм бакаст. — Уымæй мæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд, — бамбæрста- Лексо йæ бинойнаджы цæстæнгас æмæ йын ныфс авæрд- та... . Адæм лæууыдысты уыцы æгуыппæгæй. Цыма иу уæл- дай сыбыртты фыдæй исты стыр фыдбылыз куы æрцæуа,. уымæй тарстысты, уыйау лæууыдысты æгуыппæгæй. Лексо сыл цалдæр хатты йæ цæст ахаста. Уæддæр йæ> уды конд нæ фæивта. Алы ран дæр ыл æгъдаудæттæджы хæс кæй ис, уый дзы нæ ферох ис æмæ та йæ цæст ахæс- сы адæмыл. Мыййаг дзы æвæткæй, æнæгъдауæй мацы уæд. Алы ран дæр æмæ алцæмæн дæр йæхи фæтк, йæхи* уаг ис æмæ уырдыгæй исчи ахиза, уый бар цыма никæ- мæн ис, афтæ кæсы Лексомæ. Æмæ та йæ цæст ахæссы, адæмыл. Нæ> ам ахæмæй ницы ис. Алкæмæн дæр йæ цæстæнгасыл хъазы, фæйлауæнтæ кæны цыдæр рай- дзаст тыхст æнгас. Æмæ уыцы æнгас Лексойы зæрдæмæ^ фæцыд. Тынг фидыдта уавæрыл æмæ дзы барухс ис> Лексойы рынчын зæрдæ. Фæлæ иу хатт уыцы рынчын зæрдæйы цыдæр фелхынцъ кодта æмæ ногæй акаст. Акаст ногæй, йæ зæрдæ кæдæм фехсайдта, уыцырдæм æмæ æцæгæй бамæгуыр ис йæ зæрдæ. Цуца та алы хаттау, ныр дæр лæууыд хибарæй. Æмæ- уый, ’чизоны, ницы диссаг фæкастаид Лексомæ, фæлæ йын йæ цæстæнгасмæ фехсайдта зæронд лæджы зæрдæ... Цуцайæн йæ ’цæстæнгас уыдис цыдæр ивадæггъуыз, аф- тид, ницæмæ æнхъæлмæгæсæг. Йæ цæсгомыл зынд: йæ< зæрдæйы æппындæр ницы бæллиц, ницы тас, æппындæр* ницы æнкъарæн тæлфы. Йæ зæрдæ у æндзыг æмæ онг- мард. Уый нæ фæцыд Лексойы зæрдæмæ. Нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ сындæг къахдзæфтæй бацыд Цуцайы цурмæ. Бацыд æм æмæ йын йæ хъусы бадзырдта. Цы- ма йæ ныхæстæ искæмæй æмбæхсгæ кодта, уыйау ын. йæ хъусы бадзырдта: 274
Дæ зæрдæ бафынæй ис, чындз, æмæ йæ райхъал кæн. Айхуызæн боныл нæ фидауы æндзыгзæрдæйæ æм- бæлын. Уый хуыцауæн дæр æмæ Уастырджыйæн дæр хъыг уыдзæн. Адæмы уагмæ æркæн дæ зæрдæйы равг. Цуца, мæгуыр, йæхи бакъултæ кодта, йæ цæнгтæ бын- мæ æруагъта. Йæ кæлмæрзæны къабазимæ архайæг сæ скодта. Зæгъын дæр æй бæргæ фæндыд. Исты куы зæ- гъид, уый йыл æмбæлд æмæ йæ фæндгæ дæр кодта, фæ- лæ йæ хъуыр æлхынцъ уыд æмæ дзы ныхас нæ ратагъд. Ныхасы бæсты та йæ судзаггаг цæссыгтæ фемæхстысты æмæ Лексойæн йæ зæрдæ æцæгæй фелхынцъ кодта. Фе- лхъывта йæ æмæ йæм Лексо дæр февнæлдта. Уый ауын- гæйæ, Цуца йæхинымæры" йæхимæ фæлæбурта: «Ацы мæгуыр лæджы зæрдæ фæриссын кæнын алы хатт мæн- мæ цæмæн æрхауы? Æви мæ мæ фыдбылызтæ ууыл ба- цардыдтой?» — æмæ йыл Лексомæ номæй бадзурын кæй не ’мбæлы, уый зыдта, фæлæ йæм бадзырдта: — Лексо, дæу куыд фæнды, æз афтæ дардзынæн мæ- хи, æрмæст дæ зæрдæ ма фæриссын кæн мæн тыххæй. Лæгъзтæ дын кæнын, ма фæриссын кæн дæ зæрдæ. Æз та мæхи дардзынæн, иннæ адæм куыд дарынц,- афтæ, — Лексо йæм йæхæдæг куыд дзырдта, ахæм ныллæг хъæ- лæсæй йæм бадзырдта Цуца дæр æмæ адæммæ хæстæг- дæр балæууыд. Балæууыд сæм хæстæгдæр æмæ та йæ цæнгтæ кæрæдзийыл хъуамæ атыхстаиккой, фæлæ йæ рæстæгыл фæхъуыды кодта æмæ сæ æруагъта бынмæ... Бæлццон къахыры тигъæй куы ’рбазынд, уæд адæм базмæлыдысты. Райхъуыст хицæн дзырдтæ: — Цымæ та кæй хæдзар самондджын кæндзæн? — Кæцы уыдзæн, цымæ нæ лæппутæй? — Иæ къахайст махуæттæй никæй къахайсты хуы- зæн у... • — Æцæг, цыдæр цудгæ цыд кæны... Бæлццон уыд тынг лыстæг æмæ даргъ. Цыма гæзæ- мæ нозтджын у, уыйау, цуды. Иæ къухы цы дзæкъулгонд ис, уый иу къухæй иннæмæ арæх исы, цыма æнхъæлмæ- гæсджытæн ныфс æвæры, зæгъгæ, мæм уæ зæрдæ ма æх- сайæд, мæ дыууæ цонджы дæр мæ уæлæ сты. Иæ къæх- тæй та цыма уымæн цуды, цæмæй йын сæ адæм дзæбæх феной æмæ йæ иукъахыг ма æнхъæлой, — ахæм цы- Дæргъуызон хъуыдытæ арæдзæ-мæдзæ кодтой æнхъæл- мæгæсджытæй кæйдæрты фæсонæрхæджы, фæлæ уæдмæ бæлццон æрбахæстæг ис. Чидæр фæхъæр кодта, уый дæ- 275
лæ Дзылыты Хуыга куы у, зæгъгæ, æмæ уæд адæм ных- хæррæтт ластой бæлццоны размæ... Фæлæ иу диссаг! Тыны хъæуы адæм нырмæ цал бæ- лццоныл фембæлдысты, фæлæ дзы ахæм хабар никæмæ- ма фæхатыдтой. Хуыга адæмæй кæд кодта тæрсгæ. Ис- чи-иу æм хæстæг куы бацыд, уæд-иу йæхи фæгæмæл кодта æмæ-иу рыхæгау бакодта. Йæ къæдзилыл кæмæн. фæлæууынц, ахæм цуаноны рыхыд-иу бакодта. Цуца ахæмтæй ницыма хатыдта, ницыма дзы федта. Уый куыддæр Хуыгайы кой фехъуыста, афтæ йын йæ зæрдæмæ фæныхылдта замманайы æхсызгон мæстæл- гъæд хъуыды: «Цæй, кæд мæхион нал фæзына, уæддæр амæн ус æркæндзынæн. Мæхæдæг ыи æркæндзынæн ус. Уыдзæн ын зæнæг. Уыдон дæр мæхæдæг хъомыл кæн- дзынæн. Уæзæгуат цæмæй нæ фæуа Дзылыты уæзæг, уый сараздзынæн æмæ уымæй сæххæст кæндзынæн уы- цы мæгуыры фæдзæхст...» — Цалынмæ ахæм хъуыдытæ нæ аленчытæ кодтой йæ сæры, уæдмæ йæ хъус не ’рдард- та Хуыгамæ. Ныр æй æрæвдæлд æмæ йæм хæстæг ба- цыд. Ныр хъуамæ бацин кæна, Дзылыты уæзæджы йæ къахыл кæй фæрцы хъуамæ слæууын кæна, уыцы бæлц- цоныл. Æмæ йæм уыцы барджыны цыд бакодта. Хуыга хибарæй хылгæнæг галы бика лæуд кæй кодта, æвдæ- лон кæй уыд, кæй йыл ничи тыхстытæ кодта, уый исдуг хардзау фæкаст Цуцамæ. Цыдæр æнæрай хъуыды йын фæныхылдта йæ зæрдæмæ: «Ацы адæмæи нырма дæр сæ зæрдæты æлхынцъ нæ сыхæлд Дзылытæм, — сдзырдта йæхинымæры, Хуыга- йырдæм цæугæйæ. — Æндæрты цур кæрæдзийæн разы бар нæ фæдæттынц, кæй къухы бафтынц, уыдон сæ æн- дæртæм нал фæуадзынц. Иласæн ма йæ ’мпъызт цæс- гомæн дæр фæпъатæ кодтой. Раздæр ын тæрсгæ кæмæй кодтой, уыцы æмпъызт цæсгом дæр сæм фæстагмæ тæссаг нал зынд æмæ йын пъатæй нал æфсæстысты. Ныр, Хуыга иугæр Дзылытæй у, уæд æм сæ хæстæг ничи цæ- уы. Пъа нæ, фæлæ йын дзы йæ къух дæр ничи исьь Фæлæуут! Мæхæдæг ын пъаты фаг дæр æмæ хъæбысты фаг дæр суыдзæн, мæгуыр дæр уæхæдæг». — Ахæм хъуы- Дытимæ бахæццæ ис Хуыгайы размæ æмæ йæм аныр бавнала ахъæбыс кæнынмæ, афтæ дыи уыййæхи иуæр- Дæм куы фесхоид æмæ куы ныррыхид. Куы ныррыхид, йæ къæдзилыл кæмæн фæлæууынц, ахæм куыдзау. Æмæ канд уый нæ, ф^лæ ма йыл хъæр дæр фæкодта: — Дæ къухы цы дур ис, уый аппар, æнаккаг! 277
Цуца цавддурау фæцис. Иæ зæрдæ адæнгæл. Æркаст йæ къухтæм. Цæй дуры кой кæны? — Цæй дур мæм ис, алæ, Хуыга, дæ нывонд фæуон? —-. йæ мидбылты ахæм зæрдæхæлæн худт бакодта, ахæм, æмæ уым уæвджытæй бирæтæ сæ цæссыгтæ нал баурæд- той. Нал баурæдта йæ цæссыгтæ Лексо дæр. Æмæ уьь дон йæ кæрцы дысæй асæрфта, фæлæ цæсгом тынг ныф- фæлур-с æмæ уымæн асæрфæн ницæмæй уыд. Æмæ Го- сæ куы ауыдта, йæ рынчын лæджы цæсгомæй тынг зын асæрфæн чи сси, уыцы фæлурс æнгас, уæд æм йæхи бап- этæрста: — Æз дын амæлон, уый дæ хуыз куы фæцыдис. Цом хæдзармæ. Уый дæр уæртæ тыхст, фæллад у æмæ куы æрсабыр уа, куы æрæнцайа иу чысыл йæ хъизæмæрт- тæй, уæд æрчырыстон уыдзæн æмæ йæм хæдзармæ ба- цæудзыстæм. ’ Лексойæн йæ зæрды нæ уыд хæдзармæ ацæуын, фæ- лæ йæ уавæр йæхæдæг дæр фæхатыдта. Йæхи уавæр дæр фæхатыдта, фæлæ Хуыгайæн дæр йæ зонд йæ гач- чы кæй нæй, уый дæр базыдта æмæ ацыд. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта. Хуыгайы ма иу уынд акодта, стæй \ ацыд сæхимæ. Цуца йе ’рмттæ æнгуылдзтыгъдæй равдыста Хуы- гæйан æмæ ма йын ноджы иу хатт загъта. Ие ’рмттæ йæм ноджы хæстæгдæр бахаста афтæ дзургæ: — Мæнæ ма æркæс, дæ нывонд фæуон, ам цæй дур ис?—Хуыга уæддæр нæ фæчъил. Уый ма йыл ноджы иу хатт ныррыхыд æмæ æмбондмæ йæхи ноджы хæс- тæгдæр баласта. Хæстæгдæр йæхи баласта æмæ ахст сырдау уыцы тарст цæстæй каст адæммæ. Каст сæм æмæ йæ буар рызт. Рызт гæды-хъæдау æмæ Цуца уы- дæттæ дзæбæх куы федта, уæд йæхи нал баурæдта. Иу цъæхахст нылласта, йæ сау бон мæ куыд баййæфта, зæгъгæ, стæй сæхирдæм ныййарц ис. Афтæ лыгъд^ аф- тæ, раст æй цыма бирæгътæ сырдтой" фæстейæ. Лыгъд æмæ йæ хинымæры хъæр кодта: «Æй, саубон мæ куыд баййæфта! Æй саубон мæ куыд баййæфта, мæ мæгуыр Газан, кæд дын дæ уæзæг сæн- дидзын кæнынæй ныр ныфс бавæрын мæ бон нал ба- уа! Æз ма уый ныфсæй куы цардтæн ацы уæзæгыл. Ацы дзæгъæлзад уæзæг цæмæй бынтон уæзæгуат ма фæуа, уый тыххæй ма æз уымæй ныфс куы æвæрдтон æмæ уы- мæ быптондæр зонды хъæстæ куынæуал ис. Бынтон зондцух куы сси, уæд ма мын уый фæдыл ацы уæзæг .278
сындидзын кæнынмæ чи æрцæудзæн? Чи мын рацæу- дзæн уьты зондцухы фæдыл бинойнаджы номыл? Стæй исчи куы разына ахæм, уæддæр ма йын йæхицæй цæй ныфс бавæрæн ис? Æй, уас мæ саубон куыд баййæфта!..» Хуыга Цуцайы цъæхахст куы фехъуыста æмæ йæ аф- тæ лидзгæ куы федта, уæд йæ æрфгуытæ уыцы дис- гъуызæй фелхынцъ кодта. Адæммæ уыцы фарст æвди- сæг цæстæй ракæс-бакæс кæны. Цæмæйдæр сæ бафæр- сынмæ кæй хъавы, уый бæрæг у, фæлæ дзургæ ницы кæны, æмæ йæ цы зæгъын фæнды, уый йын ничи æм- бары. Æмæ йæ куыничи бамбæрста, йе ’гомыг фарстæн ын дзуапп куыничи радта, уæд йæхæдæг скарста йæ цыбыр зондæй: — Зондцух! Зондцух куы фæцис Цуца, уæд ыл цымæ цы æрцыд? — Нæ, - нæ, дæ нывонд фæуон, — иу зæронд ус æм хæстæг хъуамæ бацыдаид. Хъуамæ йæ барæвдыдтаид æмæ йын загътаид, Цуца зондцух кæй нæу, уый, фæлæ йæ Хуыга куы ауыдта, уæд та йæхи каумæ балхъывта. Стæй уыцыиу тъæбæртт фæласта æмæ, цыма къæппæгæй феуæгъд, уый лыгъд акодта уый дæр Дзылыты уæзæ- джырдæм, йæ хæдзарырдæм... Цуца хуыссыд сынтæджы. Хуыссыд дæлгоммæ æмæ куыдта зæрдæхалæн куыдæй. Ахæм зæрдæхалæн куыдæй куыдта æмæ сынтæг æмризæджы рызт. Кæдæй-уæдæй йын уæзæг хи уæзæджы ад скодта, кæ- дæй-уæдæй йæ зæхх барæвдыдта, йæ зæрдæ æмæ йын пæ буар барæвдыдта, батавта йын сæ. Кæдæй-уæдæй зæхх йæ къæхты бын уыцы фæлмæн æмæ хъарм ссис. Фæлæ йæм уæзæджы фарн ракаст уæлмæрдæй, зæххы хъарм дæр æм рандæвта уæлмæрдæй. Æмæ йын уыдæт- ты фæрцы афтæ адджын чи фæцис, уыцы уæзæджы раз йæ уæхсчытыл, йæ зæрдæйыл банкъардта фылдæр уæз, фылдæр бæрндзинад. Фылдæр дзы райдыдта домын уæ- зæджы фанр. Æмæ йæ ныфс уыд. Нырмæ йæ ныфс уыдис. Йæхи Газанæн уæлмæрды йæсыджыты хай рахицæн код- та. Сау хабар дзы куы æрыхъуыст, уæдæй фæстæмæ дзы ницыуал бæрæг æрцыд æмæ баууæндыд уыцы хабарыл. Уæддæр цæст цы нæ фена, ууыл зæрдæ зынæй феууæн- Ды æмæ ма æнхъæлмæ дæр каст. Нырма дæр æнхъæл- 279
мæ кæсы, фæлæ йæ хаты... уымæй йæхи кæй сайы, уый хаты... Æмæ ма йæ иунæг ныфс уыд Хуыга. Уымæй дæр хорзæй ницы хъуыст, фыстæг рагæй нал æрæрвыста, ’ фæлæ дзы æвзæр хабар дæр не ’рыхъуыст æмæ ма йæ уымæй ныфс уыд. Æрцæудзæн. Цахæмфæнды онгцухæй æрцæуæд. Нæ, цахæмфæнды нæ! Уымæй хуыцау бахи- , зæд. Уæзæг ма цæмæй йæ къахыл слæууа, цæмæй ма уæзæгæй сывæллоны кæуын айхъуыса, цæмæй ма уæзæ- гæй искуы уæрыччыты фæдыл къаннæг лæппутæ æмæ, чызджытæ рауайой, уымæн æй мацы бахъыг дарæд> æндæр цахæмфæнды онгцух дæр уæд. Æркæндзæн ын ус æмæ... " — Æй, саубон мæ куыд байафта! — нырдиаг та код- та. — Æмæ уый цахæмфæнды онгцухæй фыддæр куы у, уæд мын ахæмæй чи рацæудзæн йæ фæдыл? Науæд мæ- хæдæг кæмæ бадзурдзынæн, мæнæ мын ахæм тиу ис - æмæ йын бинойнагæн рацу, цæмæй ма нæ уæзæг йæ’ ,, къахыл слæууа. Кæмæ хъуамæ бахъæца мæ цæсгом? Никæмæ! Никæмæ бахъæцдзæн мæ цæсгом æмæ уынгæ-, джы фæдæн... Ацы сагъæстæ куы кодта Цуца, уæд дуар сындæггай æрбайгом ис. Æрбайгом ис æмæ’ Цуца фестъæлфыд. Ахæм хуызы йæм никуы ничи æрбацыд æмæ фестъæл- фыд. Сындæггай разылдта йæ сæр æмæ.йæ уæхсчы сæр- ’ТЫ акаст дуары рдæм. Акаст æмæ... Хуыга дуары зыхъ- хъырæй æрбадардта йæ гыццыл, мæллæг, хуыздзыд цæс- - гом. Уыцы цæсгом уыд цыдæр ивадæг, æнæрхъуыды- гъуыз æмæ дзы Цуца фæтарст. Афтæ тынг дзы фæтарст æмæ тымбылцъæгæй сынтæгмæ сгæпп ласта. Хуыга уыцы ныллæджыты бадардта йæ мæллæг, æнæ- даст фыдуынд цæсгом. Уыцы фæлмæмбæрзт цæстытæ æнæрныкъулгæйæ кастысты комкоммæ Цуцамæ. Уый цыма фыдфын уыдта, уыйау стыхст æмæ къулæрдæм хæстæгæй-хæстæгдæр йæхи ласта. Афтæ йæм кæсы, цы- ма уыцы гыццыл цæсгом ныртæккæ фестдзæн цахæм- , дæр æвирхъау, зæххыл чи никуыма цард, ахæм сырд. , Æрбагæпп æм ласдзæн æмæ... Йæ алывæрсты аивæй’ агуры Цуца. Мыййаг æм куьт лæбура, мыййаг æй ных- хурх кæнынмæ куы хъава, уæд цæхи цæмæй бахъахъ- хъæндзæн, ахæм исты цæвæнгарз агуры. Хуыга йын, кæддæр ма йæ тæккæ фидыц æмæ йæ тæккæ тыхыл куы уыд, уæддæр ын сæрбахъуыды уысм кæй ницы ракод- таид, тыхæй дæр æмæ хылмæ арæхстдзинадæй дæр йæ- хæдæг бирæ рæвдздæр кæй у, уый йæ фæсонæрхæджы 280
дæр нал ис. Афтæ дзы старст, æмæ йæм ныртæккæ чы- сыл куы фæхæпп кæна, уæддæр цыма йæ уд схаудзæн, уый хуызæн æм зыны. Фæлæ йæм Хуыга нæ хæпп кæны. Ницыдæр дзургæ кæны. Уыцы бынозты кæсы Цуцамæ. Быдыраг мыст йæ хуынггомы къæсæрæй куыд фæкæсы, йæ алфæмблай куыд ахъахъхъæны, ахæм каст кæны бынозты æмæ уы- мæй Цуцайы зæрдæйыл мæлæты тас æфтауы... Æмæ нæ бон куынæуал уыд, 'Цуца куынæуал фæрæзта уыцы ривад цæстæнгасмæ кæсын, уæд рамæсты ис. Йæхимæ рамæсты ис. Ау, æгас уæзæджы фарн йæ уæхсчытыл хæс- сынмæ йæ ныфс кæм хаста, уым иу хæстдзагъд, хъыс- мæт афтæ кæй ныммыдул кодта, уымæй куыд фæтарст? Куыд нæуал æм разынд уымæй йæхи бахизыны, æппын къаддæр æй æрчырыстонжæныны ныфс? Æмæ райхæлд Цуца. Иæ къæхтæ йæ бынæй ралвæс- та. Сæр уæхсчыты ’хсæнæй йæхи хæрдмæ систа. Къухтæ уæдмæ йæ уæрджыты ’хсæн арф тъыст уыдысты, фæлæ иугæр къæхты куы ралвæста йæ бынæй, уæд уыдонæн дæр атæлфыны фадат фæцис æмæ... Хуыга уæдæр уыцы бынозты кæсы, фæлæ ныр Цуца- мæ Хуыгайы хуызæн дæр нал зыны. Нæ, Хуыгайы хуы- зæн æм зыны, фæлæ раздæр кæй,зыдта, уыцы Хуыгайы хуызæн нæу. Абон, йæ къæдзилыл кæмæн фæлæууынц æмæ чи ныррыхы, ахæм куыдзау чи рыхыд æмæ каурæ- бынмæ йæхи чи ласта, уыцы Хуыгайы хуызæн дæр нæу. Уæдæ ма... «Уый у Дзылыты уæзæджы фарн, — афтæ йын æр- бадзырдæуыд йæ хъусы. Цуцайы хъусы афтæ æрба- дзырдæуыд. — Дæ сылыстæгон уæхсчытыл чи æнцад, уы- цы уæзæджы фарн у, — дзуры та йæм уыцы хъæлæс, æмæ Цуца дис кæны: чи йæм дзуры уыцы зонгæ хъæ- лæсæй? Æмæ йæм дзæбæх куы айхъуыста, уæд æй ба- зыдта: кæд уыдис Газаны хъæлæс. Уый йæм кæд дзырд- та Газан. — Ныр нæ уæзæг иунæг дæ бæрны нал ис, Цу- ца. Фæзындис дын, кæимæ æмæ йæ кæй фæрцы сæнди- дзын кæнай, ахæм адæймаг. Ды та дзы тæрсгæ кæныс». — Æмæ йæ зонд йæ раны кæй нал ис, уый та? — цы- ма йæ цуры ис Газан, уый фарст æй кæны Цуца. Фæр- сы йæ æмæ диссаг: дзуапп ын дæтты Газапы хъæлæс. Цыма æцæгæй йæ цуры ис, ахæм хуызы йын дæтты дзуапп: «Де ’гæр калай, Цуца, æмæ, уæдæ, афтæ æнхъæлыс,, хæст адæймагæн йæ цæнгтæ, йæ къæхтæ, йæ фидауц- 281
джын ц&сгомы æууæлтæ æмæ йæ цардæй фыйдæр ни- цы иста? Уый ма йын иста йæ зонд дæр æмæ дæм дис- саг цæмæн кæсы? Ма дæм кæсæнт диссаг, дæ низтæ ба-, .хæрон, Цуца. Нырма бирæ æвирхъау хабæрттæ æрыхъус- дзынæ хæстæй æмæ сыл сахуыр у. Мауал дæм кæсæнт диссаг. Хуыга та бынтон сæфт нæма у. Йæ хъизæмæрт- тæй куы æрулæфа, уæд’ма дзы, чизоны, исты æрызгъæ- ла. Кæддæры Хуыга суæвæн ын нал ис. Мæнæ мæнæн Газан суæвæн куыд нал ис, афтæ уымæн дæр кæддæры .Хуыга суæвæн нал ис, фæлæ кæддæр цы уыд, уыдон I .агурыныл нæ рæстæг ма сафæм. Уымæн нал ис разда- ^сæн. Ахæм æвирхъау хæст уыд, æмæ цы сарæзта, уы- донæн раздахæн нал ис. Цы ма ныууагъта, архайын уыдонæй хъæуы. Æмæ архай. Ды куы нæ сархайай, уæд Хуыгайыл ноджы фыддæр фыдтæ æрцæудзæн. Фæхæцæг ыл куынæ уа, уæд ын цард хæстæй æгъатырдæр митæ ба- ’ кæндзæн, фæлæ йæм цырд фæлæу. Æз æй зонын, ды сæ- рæн æмæ æмбаргæ адæймаг дæ æмæ нын Хуыгайы фæрцы дахæм фæнды амæлттæй дæр нæ уæзæджы фарн цудын нæ бауадздзынæ...» — О, æмæ мын афтæмæй йæ фæдыл бинойнаджы но- мыл чи рацæудзæн, мæ тæригъæд дæ уа? — уайдзæф ын кæны Цуца. «Цард дын йæхæдæг фенын кæндзæн, цы кæнын хъæуы, уый, — ныфсытæ йын æвæры. — Цард дын цы фæндаг амона, уырдыгæй фæсфæд макуы ахиз æмæ дæ йæхæдæг æркæндзæн, цы кæнын хъæуы, уырдæм. Уый æнцон нæ уыдзæн, фæлæ цард йæ зындзинæдтимæ дæр хорз у æмæ дзы хи тылиф кæнын нæ хъæуы». ) Æмæ йын ацы ныхæстæ йæ зæрдæйы, йæ онджы ныфс бауагътой Цуцайæн. Сныфсджын æй кодтой æмæ йæ тас æрбайсæфт. Уыцы дзæбæх райхæлд. Рахызт сын- тæгæй. Иæ цæсгомыл йе ’рмттæ æруагъта, цыма дзы йæ тасдзинады аззайæдздзæгтæ райсынмæ хъавыд. Æркаст йе ’рмттæм, стæй сæ йæ сæры хилтыл дæр ауагъта. Акаст та дуарырдæм. Хуыга уæддæр лæууы. Лæууы уы- цы æнæзмæлгæйæ. — Хуыга, цæмæн афтæ лæууыс, дæ нывонд фон? — хæстæг æм бацыд æмæ йæм бынмæ æрдзырдта. — Ми- дæмæ æрбахиз æмæ исты ахæр, стæй улæфгæ дæр æр- кæн. Зонын æй, фæллад æмæ æххормаг уыдзынæ... — Кæм ис? — йæхи уæддæр не ’сраст кодта, афтæ- мæй йæм хæрдмæ скаст æмæ фæсус хъæлæсæй сдзырдта. 282
— Чи кæм ис? — уыцы æвиппайды нæ фембæрста Цуца, кæмæй йæ фæрсы, уый, — Кæм ис Джиччи?—сфæлхатт та кодта уыцы фæ- сус хъæлæсæй. Цуцайæн, мæгуыр, йæ зæрдæ æрбауынгæг ис. Æвип- пайдæн йæ цæстыты раз февзæрд Саучызджы фæлгондз æмæ йæ зæрдæ æрбауынгæг ис. Афтæ йæм фæкаст, цыма йын Сыучызг уайдзæф кæны, йæ хæствæллад бæлццои нырмæ ахæм æгуыдзæгæй кæй лæууы, нырмæ йæ хæ- дзармæ кæй не ’рбахуыдта æмæ йын къæбæр кæй нæ ба- хæрын кодта, уый тыххæй. Æмæ уыцы æнкъарæнæй но- джы тынгдæр æрбауынгæг ис йæ зæрдæ. Хуыгайы раз йæ зонгуытыл æрхауд æмæ ныхъхъарæг кодта: — Æ, мæ уды бонтæ дæр ын уый куы фестадаиккой, æмæ ма дæумæ иу каст уæддæр цæмæй бакодтаид... — Ацы ныхæстæм Хуыга сæнтт гæпп æрбакодта мидæмæ. Æрбагæпп кодта æмæ, йæ сины сæртыл хæцгæнæ, алæу- уыд Цуцайы уæлхъус. — Зондцух куы дæ ды, æцæг, — иыдздзырдта йæм бынмæ. — Цытæ мын дзурыс уый, зондцух! — Мæн аххосæй йыл ницы æрцыд, Хуыга, • дæ низ- тæ, — уыцы уæззаугай сыстад Цуца æмæ сæркъулæй æр- лæууыд Хуыгайы раз. — Нæ мæгуыры цард иумæ æрвыс- там. Кæрæдзийы зæрдæхудты бæргæ никуы ницæмæй бацыдыстæм. Хъахъхъæдтам уын уæ уæзæджы фарн, аф- тæмæй уæм æнхъæлмæ кастыстæм, фæлæ мыл уый хи- нæй разылд. Æниу ын барæй хинæй зылд дæр нæ уыд, мæ сæр ын амæла. Уыцы зæрдæхсайæн æнхъæлмæ кас- тæй йыл ноджы стых ис йæ низ æмæ... — Кæм ныгæд ис Джиччи? — уыцы сур, хыр-хыргæ- наг хъæлæсæй йæ афарста Хуыга. — Уым дæ мæгуыр фыды цур ис ныгæд, — йæ цæс- сыгтæ сæрфгæйæ дзуры Цуца. — Йæхæдæг мын бацамыд- та уыцы бынат. Рагацау йæхицæн дур дæр æрцæттæ кодта æмæ йыл уый сæвæрдтам. Фыст дæр ыл ис. Уый дæр йæхæдæг саразын кодта æмæ йын æй йæ нывæрзæн ныссагътам... Дуры коймæ Хуыга куыд фестъæлфыд æмæ йæ цæс- тытæ куыд адынджыртæ сты, уый Цуца фæхатыдта, фæ- лæ йæ ницæмæ æрдардта. Дзырдта дарддæр. Дуры тух- хæй йæм зæгъинаг цы уыд, уыдон хъуамæ фæуыдаид дзырд, фæлæ йæм Хуыга кæронмæ нал байхъуыста. Дур ын йæ нывæрзæн ныссагътам, зæгъгæ, уый куыддæр загъ- та, афтæ Хуыга йæ цæсгом йе ’рмттæй амбæрзта. Цыма 283
йын исчи йæ сæр мысалгъæй фæцæф кодта, уый зылд, ныккодта пæ мидбынаты. Ныззылд æмæ йæ уæрджытыл æрхауд, стæй фестад. Фестад æмæ дуармæ ахæм гæпп акодта, раст æм цыма къуымæй цæф арс ралæбурдта- Кæртмæ куы аирвæзт, уæд уыцыиу хъæр ныккодта йэе -’ хъæлæсы дзаг: «Дур!». Ныхъхъæр кодта афтæ æмæ уæл- мæрдырдæм ныййарц ис. Лидзы æмæ хъæр кæны: — Дур! Дур!.. Дур!... Цуца исдуг дурдзавдау аззад, стæй йæ фæдыл атын- .' дзыдта уый дæр. Тындзы æмæ йæхинымæры дзуры: «Саубон мыл куыд ныккодта! Йæхицæн исты фыдт былыз араздзæн ацы лæппу æмæ нæ уæзæджы æмбпсонд хъæр кæндзæн...» Хуыга ахæм лыгъдæй алыгъд кæртæй æмæ Цуца æн~ ’ хъæлдта, зæгъгæ, иу цæсты фæныкъуылдмæ уæлмæрды фестдзæн, фæлæ йын уыцы цæхæр хъæуы уæллаг кæрон- ; мæйы фагæй фылдæр не ’сси. Цуцаты хæдзарæй хъæуы уæллаг кæронмæ та иууыл фылдæр уыд ссæдз, фондз æмæ ссæдз къахдзæфы. Уæдæ, мæгуыр, æмæ Хуыгайæн йæ зæрдæйы цæхæр, йæ лидзын мопдаджы хъару æндæры фаг не ’скуымдта. Уым фесты йæ уæрджыты тых дæр æмæ йæ хъæлæсы тых дæр. Ам æй йæ уæрджытыл хаудæй , сæййæфта Цуца. Лæууыд йæ уæрджытыл æмæ ма йæ фæскъæбуты онг зынæй чн хъуыст, ахæм пыллæг æмæ ’ фæсус хъæлæсæй хъæр кодта: — Дур!.. Ду-у-ур!.. Ду-у-у-ур!.. Цуцайы куы ауыдта, уæд ма афæлвæрдта йæ уæр- джытл слæууын, фæлæ йæ не ’сфæрæзтой æмæ уæд йæ цыппар къахыл азгъордта. Уымæй дæр та йын ницы ра- уад. Цалдæр къахдзæфы фагæй фылдæр не ’скуымдта йæ цыппæрты тых дæр. Æмæ уæд йæ иу фарсыл ахауд. Ахауд æмæ ныккуыдта. Ныккуыдта кæуынвæллад са- бийау уынгæг æмæ тыхст фæсус хъæлæсæй. Цуца хъæуы уынгты йæ цæст ахаста. Никæй дзы суыдта. Иуæй йын æхсызгоп уыд. /Егайтма йæ ахæм хуы- зы ничи уыны. Иæ къах ыл ничи æркъуырдзæн. Уымæй йæ зæрдæ никæмæ æхсайы. Алчи дæр ын тæригъæд ба- кæндзæн, фæлæ йæ уæддæр ахæм хуызы исчи уына, уый йæ нæ фæнды Цуцайы. Фæлæ дзы ныртæккæ йæ уæлхъус каёй ничи ис, йæ тыхсты уысм ын чи аххуыс кæна, иу ахæм кæй нæй йæ уæлхъус, уый дæр ын зын у... Зын ын у æмæ йæхæдæг æрхауд Хуыгайы раз. Йæ сæр ын йæ хъæ- бысмæ æрбайста. Ныфс æй нæ уыд, йæхимæ йæ афтæ æвналын бауадздзæн, уый æнхъæл нæ уыд, фæлæ, æвæц- 284
цæгæн, бафæлладис, мæгуыр, Хуыга æмæ йæ бон пицы- уалдæр дзурын уыд, ницыуалдæр архайын. Æмæ йын Цуца йæ сæр йæ хъæбысмæ уыцы æнцоиæй æрбайста. Йæ арм хæссы Хуыгайы сæры гуыдын хъуынтыл. Æвæц- цæгæн ын доны хъæстæ рагæй нал фесты, мæгуыр, æмæ йын хидæй пыннымæт сты. Æмæ йын дауы йæ сæр Цу- ца. Дауы йын æй æмæ’йын йæ хъусы цур дзуры: " — Цы аразын дæ фæнды, Хуыга, уый мæнæн зæгъ æмæ йæ æз сараздзынæн. Ды баулæф. Фæллад дæ æмæ баулæф. Изæры нæм хъæубæстæ æнæмæнг æрбамбырд уыдзысты. Ахæм фæтк райстой хъæубæстæ: Иæ бæлццон кæмæн æрцæуы, уыцы ’хъизæманраг балцæй, уымæн ыл уынджы сæмбæлынц. Уым ыл фæцинтæ кæнынц, стæй уал æй йæ бинонты бар ныууадзынц, цæмæй йыл уыдон сæ зæрдæты фаг фæцин кæноп æмæ йæхæдæг та улæфгæ бакæна. Уыи фæстæ изæры æрæмбырд вæййынц. Исты кусæрттаг акæнынц æмæ — куывд. Махæн дæр афтæ ^æнæсаразгæ нæй^æмæ уал баулæф... — Джиччийы уæлмæрдмæ хъуамæ схæццæ уон, ^- йæ ныхас ын фескъуыдта Хуыга. — Уырдæм цалыпмæ схæццæ уон æмæ йæ уыцы дурæй фервæзын кæнон, уæд- мæ мын нæй улæфæн... — Дур мын йæхæдæг сæвæрыи кодта, Хуыга, — йæ мидбылты тынг æрхæндæг худт бакодта Цуца. Бахудт Хуыгайы зæрдæ чысыл фæсабыр кæныны ныфсæй. Мый- йаг, дам, мæ хъæбуул æрæгмæ куы æрцæуа. Уæдмæ, дам, мыййаг, мæ ингæныл кæрдæг куы æрзайа, уæд ма, дам, мæ уыцы дурыл фыстæй уæддæр кæд ссарид æмæ, дам, мæм ныдздзурид. Фехъусын мын кæнид, сæрæгасæй кæй æрæздæхт, уый... — Джиччийы ингæны цурмæ цæуын! — цыма Цуца уымæ нæ, фæлæ æндæр искæмæн дзырдта, уыйау Хуыга уымæ нæ хъуыста, фæлæ йæхи сагъæстыл уыд æмæ йæ бон’куыницы бацис, уæд сабийау ныккуыдта... Æндæр фæрæз æй кæй наёй, уый бамбæрста Цуца æмæ схæцыд Хуыгайыл. Æниу ма дзы цæй Хуыга уыд? Хуыгайæн йæхицæй æмæ адæмæй куы нæ æфсæрмы код- таид, уæд æй йæ хъæбысы фелвæстаид æмæ йæ уæлхæ- дзармæ хъæмпы куырисы рæуæгæн сдавдтаид, фæлæ... Уæддæр йæ дæлармы бацыд æмæ... Хуыга ингæны обауы тигъыл сагъд дур куы федта, уæд та æррайау фæцис. Иæхи атыдта Цуцайы къухтæй æмæ дурмæ уыцы мæсты лæбурд фæкодта. Хæцы йыл иуæрдæм, æнцайы йыл иннæрдæм, фæлæ дур читт дæр 285
нæ кæны. Цыма уыцы цола лæгæн йæ тых фæлвары,. уыйау ныллæууыд йæ ныхмæ æм’æ не ’змæлы. Хуыга, мæ- гуыр, йæ бон куы базыдта, дурæн афтæмæй кæй ницьг сараздзæн, уый куы базыдта, уæд тынгдæр ныккуыдта. Ныккуыдта æмæ æрхауд дуры фарсмæ. Фыццаг ыл йæ- цæнгтæ æрбатыхта, афтæмæй куыдта, стæй та йæм уыцы иу лæбурд фæкодта дæндагæй. Фæлæбурдта йæм æмæ- йæ дæндæгты къыбар-къыбур ссыд. Цуца фæтарст, йæ* дæндæгты куы ныцъцъæл кæна, уымæй æмæ йæм бауад^ Уый дæр та æрхауд йæ фарсмæ. Иæ сæр ын йæ хъæбы-' сы æрбатыхта. Ныр ын йæ тых дæр æмæ йæ зонды ахаст дæр бамбæрста æмæ дзы нал тарст. Нал дзы тарст æмæ* йын йæ сæр йæ хъæбысы æрбакодта, йæ къухтæ дæр ын. æрцахста æмæ йæ уынгæг хъæлæсæй фæрсы: — Хуыга, цæмæн æппарыс ацы дур, цæмæн, дæ ны- вонд фæуон? Дæ мæгуыр мад æй далæ комæй сласын кодта лаппутæн. Иу хатт горæтæй æрбацыд цавæрдæр^ лæппу. Нывгæнæг уыд, æвæццæгæн. Нывтæ-иу кодта.. Сымахмæ цард æмæ та уымæ дæр бахатыд дæ мæгуыр мад. Мæнæ йын ацы фыстытæ саразын кодта. Куы сцæт- тæ ис, уæд мын балæгъстæ кодта: сæвæр, дам-иу, мын æй мæ ингæныл, науæд, дам, мæ хъæбул куы æрцæуа йæ- балцæй, уæд, дам, мæ кæм агурдзæн... — Хуыга лæууыд< æнцад. Йæ сæр бакъул кодта Цуцайы риуыд æмæ æн- цад лæууыд. Йæхæдæг ахст цъиуы тæрк улæфт кодта æмæ афтæ зынд, цыма Цуцайы зæрдæйы куыстмæ хъу- сы. Уый та кæд кодта улæфгæ. Цуца ма афтæ дæр æн- хъæлдта, зæгъгæ, йæм мæ ныхæстæ хъарынц. Бамбæрс- та мын мæ ныхæстæ æмæ йын хъуыддаг лæмбынæгдæр- куы радзурон, уæд мæ ноджы хуыздæр бамбардзæн. Æрсабыр уыдзæн. Афтæ æнхъæлдта Цуца, фæлæ дзæ- гъæлы æнхъæлдта афтæ. Хуыга йын нæдæр йæ зæрдæ- йы куыстмæ хъуыста, нæдæр йæ ныхæстæм. Уый чысыл аулæфыны ныфсæй æрсабыр æмæ кæсгæ та кодта дурмæ. Йæ зæрдæ тъæппытæ хауд, афтæмæй каст дурмæ æмæ- хъуыды кодта, цы хуызы йæ сæппардзæн, ууыл. Æма^ йæм йæ бон кæсын куынал уыд, уæд та иу схъиуд фæ- кодта. Фæцъелф ласта Цуцайы хъæбысæй æмæ та йæхи ныццавта дурыл. Хæцы та йыл. Нæты. Уынæргъы, фæлæ* дур уæддæр не змæлы. Æмæ та йын куыницы бафæ- рæзта, уæд уыцыиу хъæр фæкодта Цуцайыл. — Зондцух, мæ цуры дæхæдæг марды цырты лæуд цы скодтай! Аххуыс мын кæн æмæ ацы фашисты аппа- рæм. Мæ мады мын дурты бын куы ныккодтат, уæд мын. 286
сæ акалынæн дæр нал æххуыс кæныс? Æви ды дæр уы- дон хуызæн фашист дæ æмæ мын мæ мады хъизæмармæ кæсынæй æхцондзинад исыс? — Оу, мæнæ мыл уынгæджы бон æркодта! — йæхæ- дæг Хуыгайæ ноджы тынгдæр ныккуыдта Цуца æмæ ба- уад иу марды дуры цурмæ. Лом дзы æрбаскъæфта. Хъил дуры бын æй фæтъыста æмæ йæ уыцы æнцонæй сæппæрста. Хуыга фыццаг йæ сæр нынкъуыста, афонмæ мæнæн мæ хъуыдыйы куыд нæ æрцыд лом рацагурын, зæгъгæ, ахæм нысанæн, стæй дурмæ фæлæбурдта. Цуца ма йын бæргæ дзырдта, мæ бар æй бауадз, зæгъгæ. Йæ зæрды уьтд, искуы йæ къутæрты бамбæхса, æмæ куы æр- чырыстон уа Хуыга, уæд æй фæстæмæ йæ бынаты сæвæ- рын, фæлæ йæм Хуыга нал байхъуыста. Æвæццæгæн ма йæм цы тыхы муртæ уыд, уыдон æрбамбырд кодта. Сæн- цад дурыл. Тыхамæлттæй йæ систа йæ уæрджыты онг æмæ йæ зынæй, цудтытæгæнгæ ахаста былмæ. Ахаста йæ æмæ йæ ахæм æхсызгонæй авзылдта, ахæм, раст цы- ма æцæгæй уыцы дур уыд фашист. Уыцы дур уыд Хуы- гайæн йæ мадымарæг. Куы йæ авзылдта, уæд æрхауд зæххыл. Дæлгоммæ ныффæлдæхт. Иудзæвгар афтæ фæ- хуыссыд, стæй йæхиуыл схæцыд, фæлæ стгæ не скодта: афтæ йæ гуыбыны цъарыл бабырыд йæ мады ингæнмæ æмæ ныр та уым ныххауд. Фæлæ ам æнцад нæ хуыссыд. Йæ фæсонтæ афтæ схъиудтой, раст æй цыма бынæй уæ- лæмæ исчи схойгæ кодта. Цуца ма йыл бæргæ архайдта, зæгъгæ, мауал ку, дæхи мауал æфхæр,"фæлæ йæм нæ байхъуыста. Фæкуыдта иудзæвгар, стæй ныссабыр. Куы куыдта æмæ Цуцамæ куынæ хъуыста, уæд уый йæ уæл- хъус лæууыд æрттæдæлармæй æмæ йæхицæн дæр йæ цæссыг згъæлд. Стæй ацыд йæ æдзард хъæбул æмæ йæ зынгхуыст бæлццоны ингæнтæм. Цалынмæ, зæгъгæ, Хуы- га йæ зæрдæйы тыппыртæ уадза, уæдмæ æз дæр фæйнæ цæссыджы æрæппарон мæ уæзæджы хайыл... Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд Хуыга хуыссыд æнцад. Налдæр йæ фæсонтæ схъиудтой, налдæр йæ футт-футт хъуыст. Цуца йын тæрсгæ дæр фæкодта, йæлæ йæм куы æргуыбыр кодта æмæ йæм куы ныхъхъуыста, уæд ба- зыдта: Хуыга кодта фынæй. Уыцы уæззау улæфыд æмæ фынæй кодта. «Цæй, бауадзон æй æмæ ам бафынæй кæна, — ахъ- уыды кодта Цуца. — Тас ын ницы у. Зæхх хус у. Уазал дзы нæ бацæудзæн. Уæдмæ уал æз Лексотæм ныууайон. Изæры мæ цы аразын хъæуы, уымæй йæ афæрсон. Хъæ- 287
уы фæтк Дзылыты уæзæгыл куы аскъуыйа, уæд уымæй фæцуддзæн нæ уæзæджы фарн дæр. Уый та ныртæккæ у иууыл тæссагдæр...» ; * * * Лексойæн йæ зæрды.уыдис: ацы хатт хъуамæ йæхæ- дæг акæна кусарт. Кæдæй нырмæ нал балæггад кодта йæ хъæубæсты ’хсæн цины фынгтыл æмæ ныр хъуамæ^ кусарт акæна йæхæдæг. Стæйсуанг кæррнмæ хъуамæ лæггад кæна. Фæлæ фыр кæртмæ куы ’рбакодтой къан- нæг лæппутæ, Цуца сын кувинæгтæ куы рахаста æмæ сæ Лексо куы акуывта, кувæггаг лæппутæй кæмæдæр куы < авæрдта, уæд æркаст йæ карды коммæ. Æниу æм æркæ- сын. ницæмæн хъуыд. Лексо йæ карды кæрддзæмы аф- тæмæй никуы нывæрдта æмæ йæ кусарт кæныны рæстæ- джы сгарын бахъæуа, йæ ком уырзæй бæрæг кæнинаг уа; ; Нæ, Лексо афтæ никуы бакодта æмæ йын никуыдæр йæ ком сгæрста. Æмæ йæ ныр дæр нæ хъуыд бæрæг кæнын, \ фæлæ йæм уæддæр æркаст, йæ ком ын хисдæр æнгуыл- дзы уырзæй басгæрста, стæй лæппутыл йæ цæст ахастз< æмæ афтæ зæгъы: — Нæй, мæ хуртæ, нырма æз кусарт акæнынæн нæ . бæззын. Ме онг цыдæргъуызон дыз-дыз кæны. Фæлтау уæхæдæг архайут. Кæм не ’рæхсат, уым уып æз ауон-. дзынæн. Лæппутæй Лексойы цур кусарт акæнынмæ йæ ныфс ничи хаста?Æниу, ахæм хъуыддæгтæм иууылдæр рæвдз уыдысты. Лексо-иу кусарт кæныны рæстæджы лæппутæм фæдзырдта. Иæ цуры-иу сæ æрлæууын кодта æмæ сын зæрдæхæлар ахуыргæнæгау амыдта, кусарты алы онг дæр куыд суадзын хъæуы, кæцы онг кæуылты лыг кæ- нын хъæуы, уыдæттæ. Дзырдта-иу сын, кусарт акæнын-, мæ æнæарæхсыны тыххæй комбæсты бирæ сиæхстыл № бæ^лæхтæ æрцыд, уыдæттæ æмæ-иу сæ фæдзæхста, зæгъ-4 гæ, сымахæй йæ каистæм цæмæй мачи ныххудиняг уа ус кæпыны рæстæджы дæр æмæ æнæуый дæр, уый тыххæй мæм лæмбынæг кæсут æмæ ахуыр кæнут. Кæм-иу не ’мбарат хъуыддаг, уым-иу мæ фæрсгæ дæр акæнут. Æмæ лæппутæ иууылдæр рæвдз уыдысты, фæлæ сæм куыддæр анв нæ каст, Лексойы цур кусарт акæнынмæ бавналын... Фæлæ дзы æндæр гæнæн куы нал уыд, уæд... Цалынмæ лæппутæ кусарт кодтой, уæдмæ сылгои- 2Я8
мæгтæ кæрдзынтæ цæттæ кодтой, уæдмæ Хуыга кæрты зылд æмæ уыгъта дуртæ. Афтæ зæрдиагæй сæ уыгъта æмæ сæ цæхæрадоны дæлейæ бырцæй ахæм æхсызгонæй калдта, раст цыма йæ фыд-знæгтæ уыдысты æмæ сæ уы- мæн куынæг кæны. Диссаг уыдис уымæ бакæсын. Хуыгамæ бакæсын. Зæххыл уæгъдæппæрст чи уыд, ахæм дур-иу куы ссард- та, уæд-иу фыццаг стъæлфæгау фæкодта. Цыма дзы тæрсгæ фæкодта, уыйау-иу фестъæлфыд. Уый фæстæ-иу хъуамæ æнæмæнг йæ алывæрсты æрзылдаид æмæ йæм алырдыгæй дæр лыстæг ныккастаид. Фæкастаид æм лыс- тæг, стæй-иу æм фыццаг æнгуылдзы батылдæй бардхъи- рæн кодта, стæй-иу йæ фындзыбын цыдæртæ хъуырхъуыр кæнын райдыдта. Афтæ зынд, цыма кæмæндæр цæмæйдæр ныфс æвæры, цыма кæмæндæр цыдæр хорздзинад сара- зынмæ хъавы ацы дуры уырдыгæй фесафынæй, уый хуы- зæн-иу уыдысты йæ ныхæстæ... Æмæ та-иу уыцы дур дæр нннæты фæдыл дæлбырц ссардта йе ’нусон æнцойад... Лæппутæй йыл исдуг чидæртæ пыррыччытæй бахудт, чидæртæ йæм дзы цыдæр дзырдæппарæнтæ бакодта, фæ- лæ сæм Лексо йæ цæстытæ схъулæттæ кодта, стæй сын Илас дæр бауайдзæф кодта: .— Лæппутæ, — Хуыга та иу дур куы ахаста дæлбырц- мæ аппарыны тыххæй, уæд сын дзырдта Илас, — сыма- хæн æй дунейы фарн макуы бавзарын кæнæд, уæ низ- тæ бахæрон, фæлæ хæст ахæм æгъатыр уыд, ахæм æна- уæрдон уыд æмæ алы уысм дæр адæймаджы ныхмæ мы- сыд амæй-ай фыддæр фыдмитæ. Ацы лæппу дуртæй йе сæфт кæй уыны, уым цыдæр хабар ис. Адæймаг æнæ- хъуаджы афтæ тынг не смæсты уыдзæн нæдæр искæмæ, нæдæр истæмæ. Уый дурты фыдæй кæмдæр ахæм стыр фыд бавзæрста, æмæ йæ зонд дæр схæццæ ис. Нæ йæм кæсут? Мах йæ хъæубæстæ стæм. Хæсты агъоммæ махи- мæ цард, кæд сæ мыггаджы, сæ хæдзарвæндаджы хи- вæнддзинады аххосæй хъæубæстæй бирæ рæвдыд нæ зыдта йæ сабибонты, йæ лæппуйы кары, уæддæр æй схой- гæ никуы ничи акодта, нæдæр йæхицæй хисдæртæй æмæ нæдæр йæхи цахъхъæнтæй. Æз ам уыдтæн æмæ йæ уыд- тон. Æвзæрдзинад никæмæй дары йæ зæрдыл, фæлæ уæддæр махæй дæр тæрсгæ кæны. Уый æнæхъуаджы нæу, уæ низтæ бахæрон, æмæ йæ ма мæстæймарут. Уый дæр йæ фырхъалæй афтæ нæу. Уый хæсты гакк у æмæ йыл худæн нæй. Мæнæ ме ’мпъызт цæсгомыл куыд нæй худæн, афтæ уый хæццæ зондыл дæр нæй худæн... 19 Къæбысты 3. 289
Цуца архайгæ хъæлдзæгæй кодта, мæгуыр. Æддæмае йæхи уыцы æвæлмон æвдыста,вфæлæ йын мидæгæй’та, йæ зæрдæ кæрчытæ æхсыдтой. Йæ зæрдæ цъæхтæ-буртæ кодта, мæгуыр. Мыййаг, фынгмæ дæр куынæ кома,-мый- йаг, фынгыл дæр йæхи æвзæр куы дара, исты æдылы митæ куы кæна, уæд йæ зæрдæ аскъуыйдзæн. Уæд Цуца- нæ бафæраздзæн уымæ афтæмæй кæсын... Æмæ-иу хатт! цæхæрадонмæ истæй æфсон йæразмæ ауад. Цыма йыл æнæнхъæлæджы фембæлд, йæхи-иу афтæ акодта æмæ- иу ын лæгъзтæгæнгæйæ дзырдта: — Хуыга, дæ уды фæхъхъау фæдæн, фынгыл-иу лæг- , ты цур дзæбæх абад. Дæ балцы хабæрттæй-иу сын ис- тытæ радзур. Уыдон тынг цымыдисæй фехъусынц ахæм хабæрттæм. — Мæнæ-иу сын ацы куыйты... Нæ, куыйтæ мын ныххатыр кæнæд, адон куыйты номæй кæй рахуыдтон, - уый... Мæнæ-иу сын ацы фашистты тыххæй дæр радзу- рон? — йæ къухы цы гыццыл дуры къæртт уыд, уый равдыста Цуцамæ æмæ йæ бафарста Хуыга, иу ахæмы , та йæ куы фæдзæхста, уæд. ’ У / — Радзур сын, дæ нывонд фон,— йæ зæрдæ барухс'■ ис Цуцайæн, мæгуыр, кæдæй-уæдæй йæм Хуыга уыцы дзæбæх, æмбаргæ лæджы ныхас^ куы скодта, уæд’. —- Радзур сын, дæ нывонд фæуон, кæд дзы исты дзурпнаг ис, уæд. — Дзуринаг, зæгъыс? — уыцы дисгъуызæй йæ афар- ста Хуыга. —Æмæ кæд ацы фашистты тыххæй нæй дзу- ринаг, уæд ма æндæр та цæй тыххæй ис?.. — О, æмæ-иу сын радзур, дæ нывонд фæуон, — но- джы тынгдæр барухс йæ зæрдæ æмæ йыл армæй дæр баузæлыд: йæ къандзолы рыгтæ йын æрцагъта, йæ ас- тæуккаг æгънæг уæгъд уыд, уый йын бафтыдта æмæ йæ - дзырд кодта ноджы тынгдæр лæгъстæгъуызæй: — Хуы- , га, махоны дасæнтæ мын уыцы дзæбæх цæттæйæ æвæрд - сты æмæ дæхи куы æрдасис. Науæд уæртæ Иласæн ] зæгъдзынæп æмæ дæ уый æрдасдзæн. Лæгты ’хсæн аф- ., тæ хъуынджынæй куы бадай, уæд куыддæр аив нæ уы- дзæн... Ам Хуыга фыццаг фестъæлфыд. Цыдæр дызæрдыджы цæстæй бакаст Цуцамæ. Дзургæ ницы скодта исдуг, фæлæ иу каст Цуцамæ кодта, иннæ каст та, йæ армы цы гырдыл дуры къæртт уыдис, уымæ. СтæГг уыцы тыхст- гъуызæй сдзырдта: — Цуца, кæд мыл исты фыдаудæн кæнынмæ хъазут, 290
уæд æз ардыгæй алидздзынæн. Алидздзынæн ардыгæй æмæ æппындæр ардæм никуыуал æрцæудзынæн. Æп- пындæр никуыуал... — Цæмæн дын хъуамæ фыдаудæн кæнæм, Хуыга,, дæ нывоыд фæуон? — ноджы- йæм хæстæгдæр балæууыд Цу- ца æмæ йын йæ фæсонтæ йæ армæй дауы..— Æгас хъæубæстæн дæр дæ фенд тынг æхсызгон уыд, уæлдай- дæр, мæнæн. Уыцы мæгуыр лæг, хæстмæ куы цыд, уæд ацы уæзæг мæныл бафæдзæхста. Ды раздæр куы ацыд- тæ. Æппын фæстаг.ма дзы нæлгоймаджы номыл уыцы мæгуыр уыд æмæ куы цыд, уæд ацы уæзæг мæныл ба- фæдзæхста. Дæ мæгуыр мад дæр иугæр куы æрхауд, йæ адзал кæй æрхæстæг, уый куы базыдта, уæд уый дæр мæнæн фæдзæхста ацы уæзæг. Уæзæгуат фæуынæй, дам, æй бахиз. Æмæ ныр ды куы æрцыдтæ, уæд мæ зæрдæ куыд барухс ис, афтæ мын дæ цард Дзылыты уæзæджы фарны хæрзиуæгæн нывыл куы ацæуид. Æмæ дын цæ- мæн хъуамæ кæнон фыдаудæн/ дæ нывонд фæуон? Уы- дæттæй дæ зæрдæ макæмæ æмæ мацæмæ æхсайæд. Мæ цуры дæумæ дзургæ дæр æвзæр ничи скæндзæн æмæ дын æвзæр хъуыддаг дæр ничи сараздзæн... — Æмæ уæдæ Иласæн куы зæгъай, уæд мæ цæмæй ныддасдзæн? — уыцы зæрдиагæй йæ афарста. — Куы дын загътон, дæ нывонд фæуон, махоны да- сæнтæ мын цæттæйæ æвæрд сты. Йæ сæрдасæны бирæ уарзта, мæгуыр, æмæ йæ йемæ ахæссын йæ цæст нæ ба- уарзта, мыййаг, дам, мын уæдта искуы фесæфт. Фæлтау, дам, фæндагыл æндæр балхæндзынæн. Æмæ йын афтæ цæттæйæ лæууынц. Уыцы сæрдасæн æм ратдзынæн æмæ дæ уымæй. æрдасдзæн Илас. Хорз арæхсы. Хъæуы зæ- рæдты иууылдæр уый фæдасы. — Хорз, Цуца, кæд мæ æцæг Газаны сæрдасæнæй дасдзæн, уæд разы дæн, фæлæ мæ, мыййаг, дурæй куы даса... Мыййаг мæ къæй-дуры цыргъæй куы даса, уæд ын æй нæ ныббардзынæн. Æрдæг дастæй дæр алидз- дзынæн искуыдæм æмæ æппындæр ардæм никуыуал æр- æздæхдзынæн. Æппындæр никуыуал. — Дурæй та лæджы чи дасы, дæ нывонд фон, Хуы- га? — йæ мидбылты ныфсæвæрæджы худт бакодта Цу- ца. — Ахæм исты куы фæхатон, уæд æй мæхæдæг дæу бæсты нæмгæ фæкæндзынæн.' — О, æмæ, уæдæ, хорз, — сразы ис Хуыга æмæ ма’ разыйы пысанæн йæ сæр дæр батылдта. — Дон мын 291
схъарм кæн, уæдмæ уал æз та мæнæ ацы фашисты дæл- бырцмæ авзилон... Хуыга куы ацыд, уæд Цуца сæрттæдæларм кодта, мæгуыр, афтæмæй каст йæ фæдыл: — Æ, йæ хъæбултæ фыддæр ранмæ æрхауой, сыма- хæн уæ онджы фидыц дæр æмæ уæ зонды фидыц дæр кæй аххосæй ныффыдуынд ис, уымæн, — хъуыр-хъуырæй дзырдта Цуца, Хуыгайы фæдыл кæсгæйæ, стæй раздæхт æмæ Иласæн балæгъзтæ кодта, сразы ис йæхи дасыныл, зæгъгæ, æмæ ма фæзивæг кæн... - Нæ фæзивæг кодта Илас. Уый нæ, фæлæ ма йын æх- сызгон дæр уыд. Хъыг æм каст. Хæстон лæг ахæм æдз- æллаг уавæры уа, уый йæм хъыг каст æмæ йын уый тыххæй æхсызгон уыд... Æхсызгонын уыд æмæ йæ канд дасыныл æмæ йæ сæр алвыныныл дæр нæ ныууагъта. Дзæвгар дон схъарм кодта йæхæдæг. Хуыга даст æмæ æлвыд куы фæцис, уæд ын афтæ зæгъы: — Хуыга, æз æмæ ды хæстон лæгтæ стæм æмæ хæс- тон лæг та кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр инь^æ адæ- мæн хъуамæ уа цæвиттойнаг. Æмæ мах ахæм чъизитæй кæмæн цы цæвиттон хъуамæ равдисæм? Фæлтау мын уæртæ скъæтмæ бауай. Æз дон æмæ сыгъдæг псултæ рахæссон æмæ дæ сæр дæр ныхс, дæхи дæр ныннай. Дæ- хи æрдзæбæхтæ кæн, науæд афтæмæй куыд баддзынæ фынгыл? Ирон фынгыл баддзыстæм æмæ уым алцы дæр хъуамæ уа нывыл. — Уæдта мæхæдæг ныннайдзынæн, Илас, — уыцы лæгъзтæгъуызæй йæм скаст хæрдмæ. — Æмæ дын æз куы аххуыс кæнон, уæд цæмæй тæр- сыс? — йе ’мпъызт дзыхæй бамыр-мыр кодта Илас. Æн- дæргъуызон худынæн нал бæззыд йæ дзых æмæ-иу мыр- мыр бакодта. — Æви Пацъайы доны иууыл иумæ кæй надтам нæхи, уый дæ ферох ис æмæ дын дæ буар куы фенон, уымæй æфсæрмы кæныс? — Æфсæрмы нæ кæнын, фæлæ мын мæ буар ды ду- рæй куы æууæрдай, уæд уый нал бауромдзæн мæ зæр- дæ. Кæнæ мын скъуыйгæ акæндзæн, науæд . та афтæ бæгънæгæй дæр алидздзынæн искуыдæм æмæ æппындæр ардæм никуыуал æрцæудзынæн. Æппындæр никуы! — Дурæй та дын чердæм æууæрдын дæ буар? — фæ- дисау ис Илас. — Кæд ма федтай буар дурæй æууæрд- гæ.! — Федтон! — уыцы фидарæй сдзырдта Хуыга. — г 292
Мæнæн мæхи буар дурæй æууæрстой. Фæтк дам афтæ у, ныр. — Уыцы фæтк ам нæй, Хуыга, тæрсгæ ма кæн,— бам- бæрста йын йæ зæрдæйы тас Илас æмæ йын ныфсытæ авæрдта... Æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ Хуыга скъæ- тæй рацыд бынтон æндæр хуызы. Йæхæдæг дæр цыма йæ рагъæй уæззау уаргъ аппæрста, уыцы рог банкъард- та йæхи æмæ ныр, бирæ фæрæвдздæр ис йæ фезмæлд. Ныр-иу æнцондæрæй фæгуыбыр кодта йæ «фашист- мæ» æмæ-иу æй рог къахдзæфтæй ахаста дæлбырц- мæ. Лексойы фынгыл хисдæрæн бадын кодтой, фæлæ нæ бакуымдта. Кæдæй-уæдæй ма, дам, мæ хъæубæстæп ци- ны фынгыл балæггад кæнынмæ мæ ныфс бахастон æмæ, дам, мын уыцы хæрзиуæг цы хæлæг кæнут? Мæхицæн, дам, мæ бон бирæ ницы аразын у, фæлæ, дам, мæнæ лæппуты фæрцы кæд истытæ сарæхсин. Стæй, дам, сын амонгæ дæр куы ницы бакæнон, уæд, дам, искуы нæ рæхсдзысты, искуы, дам, сын фынджы æгъдæуттæ схæц- цæ уыдзысты æмæ, дам, уæд адæм махыл худдзысты. Хисдæртæй, дам, ницы рахастой, ницы, дам, сын баца- мыдтой æмæ, дам, цы хъуамæ базыдтаиккой. Афтæ ныл бахуддзæн исчи... Æмæ уæззау къахдзæфтæй цыдис фынгты фæрсты. Йæ хъус дардта æмæ-иу исты цухæй йæ зæрдæ кæдæм фехсайдта, уырдæм-иу рахæссын кодта, цы æмбæлд, уый. Лæмбынæг йæ хъус дардта лæппутæм дæр æмæ сын амыдта, фынджы æгъдау^куыд æмæ цы домы, уы- дæттæ... Хæстæй æрыздæхджытæ бадтысты иу рæгъыл. Сæ уæлейæ бадт Хуыга. Уый ныртæккæ нымад цыд фысы- мыл дæр æмæ иууыл кадджындæр уазæгыл дæр. Иæ дæлейæ та бадт Илас, уырдыгæй дæлæмæ— нннæтæ. Хуыга нæ куымдта уырлæм, мæгуыр. Мæнæ, дам, кæ- ронæй абаддзынæн. Мыййаг, уæдта исты, уæд, дам, мын ардыгæй æнцондæр... Уыцы уысм Цуца йæ цуры фæцис æмæ йын йæ фарс басхуыста. Кæронмæ йæ нæ бауагъта дзурын. Басхуыс- та йын йæ фарс æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Афтæ дын нæ загътон, мæ цуры æппындæр мацæ- мæй тæрс? Цæмæн ма ахæм ныхæстæ кæныс? — Ой... — Сбад, сбад, дæ нывонд фæуон, — ныр йæ ныхас фергом кодта æмæ йын йæ цонгыл ахæцыд. — Хисдæр- 293
тæ дæумæ кæсынц æмæ худинаг у, — ноджы ма йæ ахæм ныхасæй дæр баразæнгард кодта æмæ... Хуыга райдианы тынг зынæй бадт фынгыл. Исчи-иу фынгыл исты куы æрывæрдта æмæ-иу йæ уынæр куы фехъуыст, уæд-иу фестъæлфыд, исчи-ну уæлдай змæлд куы скодта, уæд-иу дзы йæ цæстытæ уыцы тарстгъуы- зæй фæсагъта. Цалдæр хатты лæгъстæ дæр бакодта фынгыл бадджытæн, цæй-ма, зæгъгæ, кæд уæ, мыййаг, искæмæ дур ис, уæд сæ аппарут. Цæмæн уæ хъæуынц? Аппарут сæ æмæ уыдон бæсты мæнæ фæйнæ онджы ай- сут фысы фыдæй æмæ уыдоныл уæхи ирхæфсут. Илас æмбæрста, уый хуымæтæджы тас кæй нæу Хуы- гайæн æмæ йæ сабыр кодта рæвдауæн ныхæстæй: — Хуыга, хæстмæ кæймæ ацыдтæ, уал азы знаджы ныхмæ де ’мтохгæнæг чи уыд, уыцы лæппутæ мæнæ дæ фарсмæ куы сты, уæд тæрсгæ цæмæй кæныс? Мæнæ фæлтау нæ фынджы кой бакæиæм. Сæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт нæ хъæубæстæн. Уыдон махæй къаддæр уæззау бонтæ нæ бавзæрстой хæсты азарæй. Хæсты быдыры-иу мын искуы аулæфыны æмæ мæ сæнтты мидæг мæнæ нæ хъæумæ æрцæуыны æмæ нæ уæзгуытыл дардæй хæс- тæгмæ мæ цæст ахæссыны фадат куы фæцис, уæд-’ну мæхинымæры райдыдтон нымайын, хæстмæ чи ацыд, стæй ма хъæуы куыстхъом нæлгоймаг чи баззад, уыдон. Мæ зæрдæ-иу адæмы тыххæй цы ныккæрзыдта, уый уы- дис. Уымæн æндæр гæнæн нæ уыд, фæлæ-иу нæ хуым- тыл, нæ уыгæрдæнтыл куы ахъуыды кодтон, бакусыны фыдæй зæрæстæттæ æмæ зæритаутæй куыд баззайынц, уый-иу куы ауад мæ- цæстытыл, уæд-иу мæ зæрдæйы рыст бауромынхъом нал уыдтæн. Уæд-иу хибар ранмæ мæхи айстон æмæ-иу куыдтон, къаннæг сабийæ-иу куыд куыдтон, афтæ. Адæймаг уæддæр адæймаг у æмæ ■ бамбардзæн рæстæджы фыдаудæнтæ. Бамбардзæн сæ æмæ быхсдзæн, фæлæ хуыммæ уалдзæджы гутон куынæ фæзына, куынæ йæ бахуым кæна æмæ йын цот скæны- ны фадат куынæ радта, уæд уыцы хуым та цы ми хъуа- мæ кæна? Уый дæр бамбардзæн рæстæджы фыдаудæн- тæ æмæ бабыхсдзæн? Кæцæй сæ бамбардзæн? ’ Науæд уыгæрдæн. Уалдзæгæй хосгæрдæнмæ йæ уадултыл цы хъуын-кæрдæг фæрæвдыдта, йæ риуы сой кæмæн фæхæ- рын кодта, уый йын хосгæрдæны куыничи æрдаса, уæд куыд хъуамæ кæна • уыцы уыгæрдæн. Цы ныфсæи ма хъуамæ бæлла фидæн уалдзæджы æрцыдмæ? Ацы са- гъæстæ мын хæстæй тынгдæр æвдæрзтой мæ зæрдæ æмæ 294
мæ уд. Æмæ куы ’рцыдтæн, мæ раигуырæн уæзæджы комулæфт ме ’мпъызт фындзы хуынчъытыл куы аны- дзæвд, уæд та мын мæ зæрдæ бакъуырдта уыцы хъуы- ды. Мæ бон размæ акъахдзæф кæнын нал уыд. Ныр мæм, зæгъын, зæритау уыгæрдæнтæ фæйнæрдыгæй сæ хус хæтæлæнгуылдзтæ тилдзысты, зæрæстон хуымтæ мæм, зæгъын, сæ хъаст хæсдзысты. Мæ фæдыл, зæгъын, зилдзæн сæ бакусын мондаг цæстæнгас, йæ фæздон æх- сырæй кæмæн фæцæй тоны; уыцы хъуг йæ дуцæджы фæ- дыл куыд лæгъзтæгъуыз æнгасимæ фæзилы, афтæ... Ах- æм сагъæстæ мыл сагъуыдысты, гъе,"нæ уæзæджы кому- лæфт мæ буарыл куы аныдзæвд, уæд... Æмæ фæйнæр- дæм акæсын нал уæндыдтæн. Мæ къæхты бынмæ кæс- гæйæ цыдтæн, фæлæ мæм æрдузы хуымтæ разындысты, зæгъгæ, уый куы банкъардтон зæрдæйæ дæр æмæ буа- рæй дæр, уæд цавæрдæр æнахъинон худын, кæуын, за- рын, æрдиаг кæныны ’æмхæццæ æнгас уынæр ауад мæ хъустыл æмæ фæсæццæ дæн. Куы æрлæууыдтæн æмæ æрдузы хуымтыл мæ цæст куы ахастон, уæд мæ зæрдæ- йыл цавæрдæр æхцон хъарм уылæн раивылд. Дзагæф- сир мæнæутæ мæм сæ сæртæ тылдтоп æмæ мæм хъæр кодтой! «Ма тæрс, Илас! Кусыны фыдæй махæн иу гæп- пæл дæр æнæцот-тыллæг никуы фæцис». Афтæ мæм хъæр кодтой фæтæнтæй уыгæрдæнтæ дæр. Æмæ уый та у, нæ хъæубæстæ хæсты замапы махæй тынгдæр кæй тох код- той, тынгдæр кæй архайдтой, уый фæрцы. Иыр та нын æрвылхатт не ’рцыдыл цин кæнынц. Сæ туг æмæ сæ хи- дæй цы фæллæйттæ фæкодтой, уыдон нып нæ хæлæг кæ- нынц. Фембæлынц ныл дзаджджын фынгтимæ æмæ сын мах кад ма кæнæм, мах сын не гуыдзæгдзинады аххосæй сæ циндзинад æнæад кæнæм, уый ныл нæ фидауы, фæ- лæ зæрдиагæй æрæвналæм æмæ сыы саходæм сæ туг- вæллойæ. Уый сын уыдзæн нæ иууыл стырдæр лæггад. Гъе, æмæ, уæдæ, афтæ, Хуыга. Нырма уал нæ фынджы кой бакæнæм. Адджынæн фæкайæм нæ фысымты бæр- кадæй, стæй та сын радзурдзыстæм нæ хæстон хабæрт- тæй истытæ. Уый дæр сæ æнæмæнг хъæуы. Хъуамæ зо- ной, уыдон ам афтæ куы фыдæбон кодтой, уæд мах та цы ми кодтам? Хъуамæ йæ зоной. Уæд сын æнцондæр уы- дзæн сæ бирæ фыдæбæттыл ныхъхъæцын. Уæд æнцон- дæрæй ферох кæндзысты, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон. — Радзуринаг истытæ куы уаид лæгмæ, уæд бæргæ, 295
фæлæ... — бынмæ кæсгæйæ афтæ бакодта Хуыга æмæ арф ныуулæфыд. 4 —Уый ма зæгъ, — йе ’уæхск ын æрхоста Илас.— Хæс.тмæ ’дардæй, иуварсæрдыгæй чи бакаст, уымæ дæр уыйбæрц дзуринæгтæ ис, æмæ йын мин аз дæр не ’сфаг уаиккой сæ радзурынæн. Мах та йæ тæккæ цырыны уы- дыстæм... Хисдæр гаджидау расидт. Кувæггаг кæсдæртæй кæ- мæдæр авæрдта. Æмæ фынг йæ кæнон кæны. Сарæх сты зæрдæйыбынæйхъарæг куывдтытæ, арфæтæ. Хуыга кувгæ ницы акодта. Уырдыгстæг æм сыкъа куы бадард- та, уæд æм дзæвгар фæракæс-бакæс кодта. Куы йæм бынты каст, куы хæрдты, куы иу фарсырдыгæй, куы ин- нæрдыгæй. Цæуылдæр кæй дызæрдыг кодта, уый бæрæг уыд, фæлæ та йын Илас йæ фарс гæзæмæ куы басхуыс- та, айс æй, зæгъгæ, тæрсгæ дзы мацæмæй кæн, ын куы загъта, уæд æм сындæггай бавнæлдта. Райста йæ. Йæ хуылфмæ йын ныккаст, стæй йæ цæст ахаста фынджы адæмыл æмæ йæ æнæдзургæйæ анызта. — Афтæ, мæ хур, Хуыга, ныр къæбæр айс, — йе ’уæхск ын разæнгардгæнæджы хост æркодта Илас Хуыга ма ноджы иу куы анызта, уæд, мæгуыр, йе онг уыцы фæлмæн æрцис. Æвæццæгæн, ыл æвæлтæрдæй тынг бандæвта нозт æмæ йе онг æрфæлмæн. Йæ зæрдæ та уынгæг сси æмæ йæ хæкъуырцц куы райхъуыст, уæд та йæм Илас фæзылд. Фæзылд æм, фæлæ йын æвиппай- ды не схæцыд уайдзæфтæ æмæ зæрдæфидаргæнæн ны- хæстыл. Иу чысыл æй бауагъта, стæй та йын йæ арм йе уæхскыл æрæвæрдта: — Хуыга, мæ хур,— дзырдта йын уæззау хъæлæ- сæй, — мах хæстон лæгтæ стæм æмæ хъуамæ баззайæм хæстон лæгтæй. Уый та ’хсон дурау хъуамæ уа фндар æмæ хъæбæр. Хæстон лæг цыхуызæн фæнды æрцæфæй дæр хъуамæ кала цæхæр. Дон дзы, хиды æртахæй дард- дæр, мацыгъуызы хъуамæ ратæдза. Уымæй дæр махæн нæ кæуæн бонтæ аивгъуыдтой æмæ ма сын ныр фæсте- йæ сæ фæччиты нæ цæссыджы удайæм, уый ныл нал æмбæлы. Ницыдæр пайда у. Стæйдæр кæуын^ы лæджы, цы нæлгоймаджы хъуыддаг у? Æниу, кæугæ æз дæр кодтон. Мæнæн дæр уыд кæуæн бонтæ æмæ куыдтон. Мæныл дæр кæддæр фæтых ис мæ зæрдæйы лæмæгъ- дзрнад æмæ куыдтон. Чизоны уæ мæ даргъ æмæ аен- къард ныхæстæй фæлмæцын кæнын, — чъызгæ адзырдта фынджы адæммæ, — чизоны ма нæ хæстон æмбæлттæй 296
дæр искæй истытæ дзурын фæнды æмæ та æз мæхи куы фæразæй кæнын, уæд уый йæхиуыл ныххæцы, фæлæ- мын бахатыр кæнут. Дзурæн бонтæ æмæ нын дзурыны рæстæг уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр, фæлæ ма уын æз мæхи тыххæй ахæм ныхас зæгъдзыиæн. Зæгъдзынæн уын, куыд мыл фæтых ис мæ зæрдæйы лæмæгъдзинад æмæ куыд куыдтон, уый... Цалынмæ мæ цæсгом, мæ сæр æгасæй, ноггуырд сы вæллонау, тыхтытæ уыд, уæдмæ йын ницы хатыдтон. Мæ арм-иу бæргæ æрхастон, мæ цæсгом кæм уыд æмæ кæм хъуамæ уыдаид, уымыты, фæлæ дзы бæттæнтæй дарддæр ницæуыл ныдзæвдис мæ къух. Æз дис котон, уæдæ, зæгъын, ай цы хабар у, куыникуыуал дзы уаду- лы къуыбыз бæрæг ис, куыникуыуал фындзы рагъ, уæд ай цы. у? Ацы æмдымбыл мын ме уæхсчыты ’хсæн цы .ныссагътой? Ницы йын мæ бон уыд бамбарынæн. Ис- кæй бафарстаин, уый та мæ бон нæ уыд. Æниу, фæрсгæ- дæр бакодтон. Рынчындоны кусджытæ мын бæлвырд- бæстонæй кæй ницы зæгъдзысты, уый зыдтон. Æндæр рынчынтимæ-иу куы ныхас кодтой, уымæ хъуыстон æмæ сын бамбæрстон сæ ахаст. Мæнæн дæр, зæгъын, уыцы куырмæлхынцъ ныхæстæй дарддæр ницы зæгъдзысты æмæ ма сæ цы фæрсон? Фæлæ-иу уыдонæй куы никæй- уал ныхас хъуыст, цæф хæстонтæ-иу сæ зæрдæбын ны- хæстæ æнæ æмбæхсгæйæ кæрæдзийæн дзурын куы рай- дыдтой, уæд-иу сæ æз дæр афарстон, зæгъын, мæныл та цы æрцыд, уый ма мын сымахæй уæддæр исчи зæгъæд. Æмæ, дам, дын цы хъуамæ зæгъæм? Дæ сæры баст, дам, дын куы фæивынц, уæд, дам, дыл сæхицæй ахæм удæ- гас гæрæн абийынц, æмæ, дæм, бакæсæн никуыцæй вæй- йы. Æнæуый та дæ цæсгомæй, дæ сæрæй* æддæмæ ницы зыны æмæ дын цы хъуамæ зæгъæм? Мæ цæсгомы тыхт мын куы райхæлдтой æмæ мын æй гомæй куы ныууагъ- "той, уæд мæ алывæрсты тарстæнгас аххытæ æмæ оххы- тæ куы фехъуыстон, уæд сæ мæхæдæг дæр фæтарстæн æмæ та мæ арм æруагътон. Ницы йын бамбæрстон уæд- дæр æмæ медицинон хотæн, стæй дохтырæн дæр лæгъз- тæ кодтон, зæгъын, мæм исчи айдæн авæрæд. Нæй, дам, нæм, — уый-иу фæцис йæ ныхас. — Æппындæр, дам, нæ« айдæн никæмæ ис... Цы сын хъуамæ кодтаин? Фæлæ иу хатт медицинон хо куы ’рбацыд æмæ цæф хæстонтыл куы зылд, уæд мæнæн мæ цæстытæ уыдысты цъынд. Цæ- уылдæрты хъуыды кодтон æмæ сæ райгом кæнын нæ ба- цис мæ бон. Нæ мæ бафæндыд мæ хъуыдытæй фæхицæн 297"
уæвын æмæ афтæ цъынддзæстæй хуыссыдтæн. Медици- нон хо афтæ фенхъæлдта, цыма æз фынæй дæн. Фæрс- саггæронмæ куыд бацыд, уый базыдтон йæ къæхты уы- нæрæй æмæ йæм мæ иу цæстæй акастæн. Уый айдæн систа йæ дзыппæй æмæ дзы кæсы йæ цæсгоммæ. Мæнæн мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, фæлæ йæм æвиппайды не ’сдзырдтон. Мыййаг æй, зæгъын, куы амбæхса æмæ куы алидза. Фæлæ йæм æрæджийау хæрз сыидæггай ба- дзырдтон, зæгъын, мæ хо куы дæ, уæд мæм уыцы ай- дæн авæрын дæ цæст цæуылнæ уарзы? Уый сæнт зылд фæкодта æмæ йæ, æцæгæй, амбæхста, фæлæ йæ нал ныу- уагътон. Сомы йын ракодтон, зæгъыну цы фæнды куы уа, уæддæр æз мæхи афтæ дардзынæн, цыма æппындæр ниды æрцыд. Нæ дæ банымудздзынæн дохтырмæ. Æн- дæр гæпæн ын куынæуал уыд, уæд мæм æй авæрдта æмæ... Кæй зæгъын æй хъæуы, мæхи нал базыдтон. Чи ма базыдтаид мæнæ ахæмæп йæхи? Æмæ дын уыцыиу куыд куы ныккæнин. Ныккуыдтон, чысыл сабийау, æмæ цæф хæстонтæ иууылдæр фестадысты. Æз æнхъæлдтон, зæгъын, мыл фæйнæрдыгæй уайдзæфтæ ныккалдзысты, фæлæ мæм ничи ницы сдзырдта. Бауагътой мæ мæ зæр- дæйы тыппыртæ суадзын, стæй мæм иу ацæргæ лæг аф- тæ дзуры: «Хæстон лæг дæ, æфсымæр, æмæ хæстон лæ- гыл кæуын нæ фидауы, фæлæ чысыл дæ зæрдæйы .тып- пыртæ суадз. Уымæй дын ницы у, стæй та зон: уый у дæуæн иууыл стырдæр хæстон хорзæх. Уыцы хорзæх дæ- уæп кæддæриддæр уыдзæн адæмы раз æмæ дын уый тыххæй кæндзысты стырдæр кад. Уыцы цæсгом ды адæ- ^ мæй æмбæхсгæ макуы кæн, æфсымæр. Уый адæмæн дзурдзæн ,хæст цы у, уый, æмæ сæ фæдзæхсдзæн, цæмæй хæсты кой макуыуал мачи скæна. Афтæ уыдзæн, æфсы- мæр, фæлæ йæ адæммæ сæрыстырæй æвдис кæддæрид- дæр...» — О, фæлæ æз та цы равдисон адæмæн? — йæ ныхас ын фескъуыдта Хуыга. — Мæнæн мæ зондæй дарддæр ницæмæ фæиыхылдта хæст æмæ цы равдисон адæ- мæн? — уынгæг хъæлæсæй дзырдта. — Хæст алцæмæ дæр ныхылдта, Хуыга, — дзурыныл цæмæй фæгæрз уа, уый кодта Илас æмæ йын бантыст: Хуыга фæрæвдз ис дзурынмæ. Дзæбæх куы ахордта æмæ куы анызта, уæд дзурын дæр сфæрæзта, мæгуыр. Дзур- тæ кодта сындæг. Хатт-иу йæ ныхæстæ схæццæ сты, куы та-иу ын цæссыджы бын фесты. Уæддæр æм адæм хъуы- 298
стой. Хъуыстой йæм уыцы уæззау цæстæнгасимæ, уыцы зæрдæрыстæй..: * * * Хуыгамæ хæсты бардуаг ахæм хорз цæстæй ракаст аемæ-иу хатт йæхæдæг дæр дис кодта йæ хабæрттыл. Хатт-иу афтæ рауад, æмæ-иу йе ’мтохгæнджытæй пæ алыварс ничиуал аззад. Мæрдтæй, науæд та-иу уæззау цæфтæй æрызгъæлдысты зæхмæ. Уымæн та йæ цинелы фæччимæ дæр никуы фæныхылдта хæсты цæхæр. Бæс- гыл-иу уæззау фыд зæйау кæм рацыд æмæ-иу æппæт дæр пæ разæй кæм ахаста, уым та-иу Хуыга æвыдæй аир- вæзт. Иннæ ахæм йæ арæхстдзинад! Цахæм фæнды гыц- цыл тæппмæ дæр-иу фæхъавыд, пикуы йын ивгъуыдта. Нæмыг æм æрмæст хæццæ бауæд. Æгæр дард ма разы- иæд уыцы тæпп æмæ нæмыгæн йæ тых сфаг уæд уыйонг бахæццæ кæнынæн, æндæр æй ницы хъуыд. Уыцы тæп- пæй ма исты аззадаид, уымæ никуы фехсайдта Хуыга- йæн йæхи зæрдæ дæр æмæ йе ’мбæлтты зæрдæтæ дæр. Уын тыххæй-иу ын кæддæриддæр хæс кодтой знаджы сусæг ’æхсæн бынæттæ куынæг кæнын. Æмæ цал сусæг æхсæн тæппы скуынæг кодта! Сæ иымæц дæр ын схæц- цæ ис, фæлæ сæ уæддæр нæма сфæлмæцыд. Нæма баф- сæст йæ хотых уыцы æнæхайыры æхсæн бынæттæ куы- нæг кæнынæй. Æниу сæ фæлмæцгæ та куыд нæ скодта! Æниу сæ æлгъæд та куыд нæ фæцис, фæлæ нырма уæд- дæр сæхæдæг сæ куыдзы бон нæ базыдтой. Хуыгайы топпы кæсæнæй дард кæй нæ ацæудзысты, ууыл сæ уæд- дæр баууæндын нæма фæпдыд æмæ та-иу куы иуранæн райхъуыст сæ гæрæхтæ, куы æндæр ранæй. Æмæ та-иу уæд Хуыгайы дæр йæ армы тъæпæнтæ æмæ йæ цæсты уæлтъыфылтæ схордтой... Фæлæ дæлæмæ æрхауæд хæстон лæджы хуыцау! Мацæмæй фæкуывдæуæд хæстон лæджы хъысмæтæн! Хæстон лæг йæхæдæг хæйрæджыты тæккæ бынæйласгæ- Дæртæй куы феста, уæддæр æй искуы æнæ æрæййафгæ нæ фæуыдзæн хæсты азар. Æрæййафдзæп æй, æмæ нæ хæсты бардуаг цы фæрæвдыдта, уыдон ын дывæрæй сисдзæн. Иу бон та Хуыгайæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, зна- ДЖы сусæг æхсæн тæпп куынæг к^ны нæ размæбырсæг 299
хæстонты. Ахибар æй кæнын хъæуы. Хуыгайы дæр та йае армы тъæпæнтæ куыд нæ схордтой... Æмæ иу нæ, фæлæ дзы цалдæры куы скуынæг кодта, раст уыцы рæстæджы йæ цуры фехæлд цавæрдæр хæлæн нæмыг. Æвæццæгаен æй æндæр кæцæйдæр фæхатыдта фашистты минæх- сæг æмæ йæм ныхъхъавыд. Ныхъхъавыд æм, æмæ Хуьь гайы æнамондæн уый Хуыгайæн йæхийау рæстдзæвин ч нæ разынд. Иæхиуыл нæ сæмбæлд минæ æмæ йæ нæ фервæзын кодта, уый фæстæ йæм цы хъизæмæрттæ æн- ’ хъæлмæ каст, уыдонæй, фæлæ йæ фæкъуырма кодта. Йæ бынаты йæ хаудæй ныууагъта æмæ йæ баппæрста, аргъæутты дæр кæй никуы фехъуыста, ахæм уæззау уа- вæрты. Æй, дунескæнæг! Цымæ сын фæразгæ куыд ба- кодта, фæразгæ?! Æниу, уый цæй фæрæзт у? Адæймаг адæймаг цæмæй хуыйны, адæймаг иннæ цæрæгойтæй цæмæй хицæн кæны, уыцы зонд ын ныссуйтæ кæн æмæ ма уый циу? Уый ма цæй адæймаг у?! Цы фæцис, уый нал базыдта Хуыга, æрмæст, куы æрчъицыдта, уæд æппæт дæр бамбæрста: бахауд уаца- . ры. Бахауд, иууыл тынгдæр кæмæй тарст æмæ иууыл тынгдæр йæхи кæмæй хызта, уыцы уацары. Æй, джиди, • йæ хъулон къандзол ма уæддæр куы уаид йæ уæлæ. Йæ • æфцæгготы галиу бырынкъ ын аууилид æмæ... Фæлæ ма кæм ис ахæм амондджын къандзол! Цæмæйзон, цы йын æй фæкодтой. Ноджы стырдæр æвирхъау хабарæн ; та базыдта, фашисттæн советон æфсадæй иууыл стыр- дæр зиæнттæ чи ракодта, иууыл фылдæр сын чи фæцагъ- та се ’фсæдтæй, сæ техникæ сын иууыл æгъатырдæрæй чи куынæг кодта æмæ хъысмæты фæлывд миты аххосæй уый фæстæ уацары чи бахауд, ’кæд бафтыд уыдон ла- . гермæ. Бафтыд уырдæм æмæ йын йæ ног æмбæлттæй бирæтæ батæригъæд кодтой. — Ай фæлтау дæ уыцы минæ дæ бынаты куы фæуын кодтаид, æфсымæр, — æрхæндæггъуызæй йын дзырдта иу къæсхуыр лæг. — Хъыг дæм ма фæкæсæнт мæ ныхæс- тæ, æфсымæр. Ацы хæйрæджыты ахстоны æз æмæ мæнæ ме ’мбæлттæ цы бавзæрстам, уыдонæн фен мæнæ нæ цæсгæмттыл сæ иууыл рогдæр хъизæмæртты фæдтæ. Нæ буæрттыл æндæр æмæ æндæр рæтты цы ис, уыдон цур ацы æрхæмтæ бынтон уæлæнган сты, фæлæ дын уæддæр бамбарын кæндзысты, цы дæм æнхъæлмæ кæсы, уый... Æмæ сын Хуыга радгай каст сæ цæсгæмттæм. Æмае Хуыгайæн йæ зæрдæ афтæ кæрзыдта, афтæ, æмæ йæ æр- фæндыд кæуын. Ныры хуызæн æй къаннæг сабийæ дæр 300
никуы фæидыд кæуын, фæлæ йын цæй кæуæн уыд? Куыд хъуамæ куыдтаид уый æппæт æфхæрд адæмы æхсæн! Æмæ бавзæрста Хуыга уыцы хъизæмæрттæ. Æмæ сæ уый фæстæ, куы æрчъицыдта æмæ йæ бон дзурын куы ссис, уæд сæ æлгъыста. Уæд æлгъыста, ахæм митæ йын чи фæкодта, уыцы фашистты: — Æнаккаг уаллæттæ, — хъæр кодта йæ хъæлæсы- дзаг, фæлае йæ хъæр йæхи хъусты онг дæр нæ хæццæ кодта. Йæ хъæлæс ныффæскъаутæ ис æмæ йын йæхи хъусты онг дæр нал хъуыст. Фæлæ уæддæр хъæр код- та: — æнаккаг, æлгъаг, уаллæттæ! Нæ æхсæнгарзæй арæхсут лæджы амарынмæ, уæ резинæ лæдзджыты на- дæй. Æмæ афтæмæй кæдæм бырыдыстут, уаллæттæ! Цæй хæст расидтыстут ахæм ницæйæгтæ уæвгæйæ!.. — Нæ, ме ’фсымæр, нæ, — сабыр æй кодта иу ацæр- гæ лæг. — Лæг марынмæ нæ арæхсынц, зæгъгæ, уымæй рæдийыс. Æндæр нйцæмæ арæхсынц, фæлæ нæ барæй нæ марынц. Нæ хъизæмæрттыл сæхи ирхæфсыпц. Нæ кастæ? Кæд дæ зонд æвиппайды нæ фендзыг ис уыцы уæзЗау цæфтæй, уæд нæ кастæ, фынджы фарсмæ цы гæлдæрджын хъæддаг хуытæ бадт, уыдонмæ? Нæ сæм кастæ æмæ нæ федтай, куыд райгондæй худтысты дæ хъизæмæрттыл, уый? — Федтон æй, æцæг æй федтон, — йæ сæр батылдта Хуыга. — Сæ улæфты рæстæг ахæм хуызы фервитынц, æф- сымæр, æмæ нæ куы амарой, уæд ма сын ахæм хиир- хæфсæнтæ кæм уыдзæн?.. — Иу цæсты фæныкъуылд, — ныуунæргъыдта Хуы- га. — Иу цæсты фæныкъуылды бæрц уæддæр куы азза- даин мæхи бар, уæд сæ æз бæргæ фæхудын кодтаин .. — Цымæ сын цы сарæзтаис? — йе ’уæхсчы сæрты йæм æрбакаст иу лыстæг даргъ лæг, стæй ма йæ дзырд- мæ бафтыдта: — цы хъом хъуамæ суыдаис иу цæсты фæныкъуылдмæ уыцы хъæддаг хуытæн? — Иуæн дзы йæ хурх æрцахстаин æмæ йæ нал су- агътаин, цалынмæ мын мæлæт нæ райхæлдтаид ме ’нгуылдзтæ, уæдмæ. Нæ мæ амардтаиккой æвиппайды æмæ сын сæ тæккæ стырдæр нæлхуыйы иыххурх кодта- ин. — Уый ницы худæг у, — йæ къух ауыгъта уыцы даргъ лæг. — Уый ницы худæг у, фæлæ нын дарддæр и,ы ми кæндзысты, уый у ныртæккæ хъуыдыйаг. Ам нæ дзæ- гъæлы бирæ фæдарой, уый мæ нæ уырны. Æрмæст нын 301
хиирхæфсыны тыххæй хæрын кæной, уыцы уазал доныл къæбæрласæн, уый мæ нæ уырны. — Цы сын базындæуыдзæн сæ хъуыддæгтæн? — йе уæхсчытæ фелхъывта йу æндæр лæг. — Ныры онг дæр нæ кæй дарынц ам, уый дæр диссаг у. — Уæдæ æз цыдæр фехъуыстон æмæ, — ныллæг хъæ- лæсæй сдзырдта уыцы даргъ лæг æмæ йæ цæст ахаста йæ алывæрсты.- — Цы? Цы фехъуыстай? — фæйнæрдыгæй райхъуыст тыхст ныха^стæ. — Абон райсомæй уæртæ тел æмбонды цур лæууыд- тæн. Кæрдзыны къæбæртæ нын чи æрбаппары, уыцы хъахъхъæнæг мæм хæстæг æрбацыд. Афтæ мæм цæугæ цæуын æрбадзырдта ныллæг хъæлæсæй: «Цавæрдæр; дурсæттæнмæ уæ аласинаг сты рæхджы. Йæ хицауы йын кæмдæр стыр фыдлæг хоны’нц æмæ дзы уæ уавæр исты фæхуыздæр уа, уый мæ ыæ уырны, фæлæ уын баххуыс кæныи дæр ницæмæй у мæ бон...» — Нæ азмæлæнтæ, нæ атæлфæнтæ иу чысыл .куы, фæуæгъддæр уаиккой, уæд, чи зоны... — цыдæр дызæр- дыджы хъæлæсæй сдзырдта иу ацæргæ лæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:—лæгæн йæ къухы дурсæттæн мы- салгъ уæддæр куы уа, уæд дзы, чи зоны, исты сараза... — Фенæм уал, — афтæ бакодта лыстæг даргъ лæг æмæ ууыл ныхъхъус сты иууылдæр. * * * Бирæ фæутæхсæн кодта, мæгуыр, Хуыга. Цæмæй дзурыныл фæгæрз уыдаид, уый тыххæй бирæ фæутæх- сæп кодта, йæ цæсты сыгтæ фæлæмæрста. Æмæ йæ ба- каст æнæуый дæр мæнæ-мæнæ сирæгтæй ыицы уыдис, фæлæ йын ам афтæ тæригъæддаг, афтæ цауд ныццис, æмæ йæм бахатын дæр пикæйуал цæсгом хъæцыд. Иæ зæрдæ никæйуал хаста Хуыгайæн афтæ зæгъын, ды дæр ма дæ хæстон балцвæндæгты тыххæй исты радзур, зæгъгæ. Йæ уавæр ын уæлдай хуыздæр æмбæрстой, хæсты уадтымыгъ уал азы дæргъы дзæбæх кæй фæхостгг æмæ кæй пыггæлир кодта, уыдон. Æмæ йæм уыдонæй хатгæ дæр ничиуал кодта. Фæлтау-иу дзы куы иу, куы иниæ йæхæдæг райдыдта дзурын йæ хъизæмайраг царды хабæттæй исты. Быптон дзы дзурын кæмæ нæ цыд. йæ ’хæстон балцвæндагыл дзы мæнæ ам, мæнæ Дзылыты 302
уæзæгыл цины фынгыл бадгæйæ дæр ахæтын æмæ йæ ногæй æрымысын кæй нал фæндыд, уымæй тæрсгæ чи кодта, уыдон дæр ныссастой сæ зæрдæты ахæм уæззау равг æмæ та-иу райдыдтой дзурын. Дзырдтой фылдæр уый тыххæй, цæмæй рæстæг ацæуа æмæ Хуыгайы дзу- рыны сæр ма бахъæуа, ма бавзара, афтæ тынг кæмæй тæрсы, йæ уд, йæ зæрдæ йын афтæ тынг чи сфæлахс кодта, уыцы хъизæмар. Иæ сæнтты дæр мауал ахæта уыцы æнæрайы фæндæгтыл... Фæлæ Хуыга уыцы фыдæбæтты фæстæ райхæлдта йæ зæрдæйы æлхынцъ. Æвæццæгæн йе ’мбæлттæ цы уæззау хабæрттæ дзырдтой, уыдон цур æм йæхи балц- вæндаг, йæхи хæстон хæтæнтæ афтæ уæззау, афтæ зын- вадат нал кастысты æмæ фæгæрз ис уый дæр дзурыимæ: — Уыцы дур мæ цуры куы фехæлдис... — Дур та куыд хъуамæ фехæлдаид? — хæстонтæй йын чидæр æнæрхъуыдыйæ фескъуыдта йæ ныхас. Зæр- дæйæ-зæрдæмæ кæрæдзи фæдзæхсгæ бакодтой, æнæ- сныхас, æнæсдзургæйæ кæрæдзи зæрдæйы уагæй бафæ- дзæхстой, цæмæй Хуыгайы .мачи бахъыгдара, мачи йæ* фæкъуылымпы кæна, фæлæ уыцы лæппуйæ айрох ис йе ’мбæлтты фæдзæхст æмæ фескъуыдта Хуыгайы ныхас. Йæхи дæр нæ фæндыд, а^фтæмæй йын æй æнæрхъуыдыйæ- фескъуыдта æмæ йæм Хуыга дæр тынг фæхъыг. Йæ ны- хас ын фынгыл бадджытæн чи фенад кодта, уымæ тынг фæхъыг æмæ йын æй нæ ныххатыр кодта. Тызмæг цæ- стæй йæм бакаст æмæ йæм тызмæг сдырдта: — Кæд хæсты уыдтæ æмæ, хæст цы у, уый федтай, уæд хæлгæ æмæ халгæ дуртæ кæй кодтой, уый дæр хъуамæ федтаис æмæ бафæлвæрдтаис. Адæмæн уæззау хъизæмар дуртæ æвзарын кодтой, уыдон сæ цагътой, æндæр цы?.. — Уе ’гæрыл, лæппутæ, — нал сæм фæлæууыд Лексо дæр. Уый хæсты нæ уыд, æгæрстæмæп, мæнæ фæсчъыл- дым Дæр бирæ ницы сарæзта йæ зæрдæиизы фыдæй æмæ йæ цæсгом нæ хъæцыд хæстон лæппутæм истьг дзырд баппарын. Уæлдайдæр та, уайдзæфы дзырд, фæ- лæ ам йæхи нал бгурæдта. Хуыгамæ кæсгæйæ йæ зæр- дæйы низ ноджы дывæр кодта æмæ нал баурæдта йæ- хи: — уе ’гæрылæй, — сфæлхат кодта, — Хуыга уæ ал- кæмæ дæр лæмбынæг куы фехъусы, куы никæй уæ фæкъуылымпы кæны йæ дзæгъæл фарстытæй, уæд æй сымгх цæмæн хъыг дарут? — йæ ныхас дзы иумæ уыд, фæлæ сын барæй, пæмæй дзы искæй зæрдæхудт уæлдай 303
•фылдæр ма райса, уый тыххæй сын иумæ бауайдзæф кодта. — Ныххатыр мын кæнут, — уыцы æфсæрмгъуызæй фестад уыцы лæппу æмæ лæгъзтæгъуызæй дзуры адæм- мæ, стæй та Хуыгайæн йæхимæ, — ды дæр мын ныхха- тыр кæн, Хуыга. Куыддæр мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн æмæ... — Цæй^хорз, — йæ къух ауыгъта Хуыга æмæ дзырд, та дарддæр: — æмæ уын уый дзырдтоп, уыцы дур мæ цуры куы фехæлд, уæртæ Тугъан афтæ зæгъы, дур та, дам, куыд хъуамæ фехæла, фæлæ хæлы. Хæсты чи уыд æмæ, дур куыд хæлы, уый чи федта, уыдон æй зо- нынц, дур куыд хæлы,' уый. Зонынц æй æмæ йæ æз’ дæр зонын.' Æниу, мæнæн бирæ ницы бантыст. Ме ’мбæлттæ, мæ хисдæртæ афтæ дзыр^той, хорз, дам/ арæхсыс. Хъæбатыр æмæ, дам, рæстдзæвин лæппу дæ. Хорзæхтæ дæр мын уыд. Цал уыдысты, уый мæ зæрдыл нал лæууы, фæлæ мын уыд. 7Ех, — йæ къух ауыгъта Хуыга. — Уыцы дуры фехæлды фæстæ цы фесты, куыд’ фесты, уымæн ницыуал базыдтон. Уыдон ма мæ æн- дæвтой? Уæдæй фæстæмæ дуртæ систы мæ хуыцау дæр, мæ паддзах дæр, ме знаг дæр. Алцы дæр._ Иу бон нæ машинæты ба’вгæдтой. Сæрæнæй æнæсæ- рæнæй, рынчынæй, æнæрынчынæй — иууылдæр нæ уыцы .æмхуызон бакалдтой машинæтæм. Иу лæг дзы афтæ тынг рынчын уыд, афтæ ныххауд, æмæ зæххæй йæхи хæрз чысыл уæддæр фæхицæн кодтаид, йæхи чысыл уæддæр систаид зæххæй, уый дæр йæ бон нал уыд, фæлæ уый дæр æмбыд картофы æппæрст бакодтой ма- шинæйыл æмæ адæмы къæхты бын куы фæцис, уæд нырдиаг ласта. Цымæ ма мæн та кæдæм ласынц, зæгъ- гæ, ныхъхъæр кодта, ам мæ ныммарой, уый та мын цы хæлæг кæнынц ацы æнæхайыр фæуинаджы сырдтæ. — Хъæр кодта, æлгъыста. Сæ Гитлеры сын куыдзæй, хæ- рæгæй цы нæ рахуыдта, ахæм нал баззад. Барæй афтæ кодта, кæд мæм, зæгъгæ, смæсты уаиккой æмæ мæ ама- риккой. Нæ йæм смæсты сты. Иу дзы машинæмæ хæстæг æрбацыд уыцы тызмæггъуызæй. Уыцы лæгæн йæ къухы уыд резинæ лæдзæг, йæ хъуырыл æфтыд—автомат. Æз æнхъæлдтон, зæгъын, ацы тызмæг немыцаг нал ныббардзæн, афтæ æнæуаг дзыхæй сæ чи æлгъиты^сæ хуыцау кæй хонынц, уыцы куыдз Гитлеры сын куыйтае жмæ хæр^джытæ чи хоны, уыцы тæригъæддаг лæгæн. Ныртæккæ йæ раласдзæн. Уыцы бæрзонд машинæйæ 304
йæ зæхмæ æрæппардзæн æмæ йæ налдæр резинæ лæ- дзæгæй цæАзын бахъæудзæн, налдæр автоматæй æхсын. Уыцыранæй æрхауынæй фылдæры фаг нал скомдзæн йæ фæлахс уд æмæ дзы «фысымтæ» дæр фервæздзысты, фервæздзæн сæ йæхæдæг дæр... Нæ йæ раппæрста. Нæ йæм февнæлдта резинæ лæдзæг æмæ автоматæй дæр. Хъæртæ йыл тынг ныккодта куыдзы фырт. Стæй йын ахæм хъæлæс уыд, æмæ, зæгъгæ, ныртæккæ ам ныхъ- хъæр ласта, уæд йæ хъæр æгас кæмтты ныннæрид æмæ сæ сæзмæлын кæнид^ Ныхъхъус у, кундз, на>æд дæ ныртæккæ куыдзы мард ныккæндзынæн, зæгъгæ, йыл хъæр кодта. Уый йæ ницæмæ æрдардта. Ноджы æлгъы- ста æмæ йæм.уый сусæгæй, йе ’мбæлттæй йæ куыд ничи фехъуыстаид, афтæ йæм бадзырдта: «Цы фæнды æлгъи- тай, уæддæр дын ам дæ фæндон ничи сæххæст кæндзæн. Дæу амæлын фæнды, æфсымæр, фæлæ йæм ам ма æн- хъæлмæ кæс. Кæд дæ йæхæдæг бацагура, науæд æм^ ам искæй къухæй ма æнхъæлмæ кæс. Бардзырд нын ахæм ис, науæд дын æз бæргæ æмбарын дæ хъуыды. Æмæ дын, чизоны, уымæй хæрзиуæг дæр ракæнин, фæлæ мын нæй уый бар. Цæмæн сæ хъæуыс, цæмæн дæ ласынц, уый та уым фендзынæ. Дæхæдæг æй, æвæц- цæгæн, нал фендзынæ, фæлæ де ’мбæлт... — уыцы уысм æм иу немыцаг афицер æрбацæйцыд æмæ та уый дæр фæхъæр ласта: «Ныхъхъус у, куыдз, науæд дæ ам куыдзы мард ныккæидзынæн æмæ дын дæ холы уæртæ æххор- маг куыптæн аппардзынæн!» «Мæгуыр дæ бон фæуа, ацы дзæбæх лæг, — мæ хъусы цур чидæр бахъуыр-хъуыр кодта, — дæхи хуызæн адæй- мæгтæн дæ баххуыс кæнын фæнда æмæ дын уый фадат ма уа. Адæймаджы мæлæт царды иууыл стырдæр закъон кæм ссис, уым дын адæймаг амарыны бар дæр ма уæд. Уып тæригъæддаг хабар у, уæдæ цы у?» Чи у, зæгъын, æз афарстой дзурæджы. «Немыцаг у, фæлæ коммунист биконты ’хсæн чи схъомыл ис, ахæм. Бирæ нын фæлæг- гад кодта. Афонмæ иууылдæр сыдæп фæцагъды уыда- иккам, уый нын сусæгæй æмбонды сæрты кæрдзынтæ куынæ æппæрстаид, уæд...» Бирæ нæ фæластой тыгъд быдырты, хъæдты. Фæла- стой нæ æмæ нæ баластой иу хохы рæбынмæ. Фысты дзугау нæ бакалдтой, бæрзонд быру кæмæн уыд йæ алыварс, ахæм гæрæнмæ. Æмæ, куыд уыдыстæм, аф- тæмæй ма нæ куы бакалдтаиккой, фæлæ... Цыма дзуары бынмæ цыдыстæм, сæ дзуæрттæ дæр дæлдæр’ фæуой, 20. Къæбысты 3. 305
æмæ сæхæдæг дæр. Цыма нæ дзуары бынмæ кодтой уыйау нын кæртмæ бахизæны кæд раласын кодтой нæ* къахы дарæс. Мæ дзабыртæ мын куы фелвасын кодтой æмæ мын сæ кæдæмдæр куы ныззыввытт ластой, уæд ма мын дзы чидæр мæ чъылдымæн резинæ лæдзæгæй иу радта, стæй смидæг дæн, йæ астæрд æгасæй дуры цъæлтæй æмбæрзт кæмæн уыд, ахæм кæрты. Уыцы цыргъ, дуртыл цæугæйæ, адæм куыд ныггæлиртæ сты, куыд ныззылын-мылынтæ сты, уый æз нæ фæхатыдтон, ца- лынмæ мæхи къахы дæлфады нæ фæныхстысты дуртæ, æмæ ме ’рдиаг не ссыд, уæдмæ. Æз кастæн мæ къæхты быкмæ. Зæгъын дзы кæд мæ иу къах æвæрыны фаг уæддæр искуы разынид фæлмæн бынат. Марадз зæгъ! Нæ дзы разынд. Æмæ иу ран куы æрлæууыдтæн, дард- дæр мын адæмæй азмæлæц куы нал уыд, уæд мæ къæх- тæй дуртыл иуæрдæм райдыдтон хæцын, зæгъын, мæ дæлфæдты фаг дзы уæддæр асыгъдæг кæнон. Фæлæ мын нæ бантыст. Кæцæйдæр дур ратахт æмæ мæ тæккæ" къæбутыл йæ дзæхст фæцыд. Æз ницыуал базыдтон. Ме ’муд куы æрцыдтæн, уæд та дæлгоммæ хуыссыдтæн уыцы дурастæрдыл. Мæ буар мын хуынчъытæ кодтой дуртæ, фæлæ мæхицæн мæ бон ницæмæй уыд баххуыс кæнын. Иу дзæвгар афтæ фæдæн хаудæй, стæй рабад- тæи. Зæгъын æгас буары бæсты искуы иу ран хуынчъытæ- кæнæпт ацы дуртæ, æндæр сын цы саразон. Æмæ ра- бадтæн, фæлæ... Æх, — йæ цæсгом йæ æрмттæй ацахста Хуыга æмæ ныуунæргъыдта. Иу дзæвгар афтæ фæутæх- сæн кодта, стæй та дзырдта дарддæр: — фæлтау куы нæ рабадтаин. 'Фæлтау афтæ хаудæй куы баззадаин бынтондæр... Мæнæй чысыл фалдæр бырумæ хæстæг иу лæг бадт æмæ йе ’рбадæны бынæй дуртæ æлвæста. Æлвæста сæ æмæ сæ иуварс цагъд кодта. Æз æм ба- тæхуды кодтон, зæгъын, ныр уый ссыгъдæг кæндзæн йæхицæн æрбадыны фаг бынат æмæ дзы баддзæн æнæ- фыдæбонæй. Йæ буары нал ныхсдзысты ацы æнæхайыры дуртæ. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы лæджы амонд.- Кæрты дуарæй уыцы знæтæй æрбагæппытæ ластой дыу- уæ фидæрттæ конд лæппуйы. Адæмы сæрты алæгæрстой æмæ комкоммæ бацыдысты уыцы лæгмæ. Æппындæр ницы сдзырдтой, афтæмæй йын февнæлдтой йæ цæнг- тæм. Фелвæстой йæ æмæ йæ аластой быруйы рæбыныр- даём. Уым уæлвонг æвæрд уыдис даргъ æмæ фæтæн къæй дур. Дурыл æй авæрдтой уæлгоммæ. Авæрдтой. йæ уыцы тæригъæддаджы дурыл, стæй дурцæджындзыл^ 306
цы сырх сæхтæггонд уыд, уый дзы иу фелхъывта йæ хисдæр æнгуылдзы уырзæй æмæ багалæджы цал^ьц хуызæн тымбыл бæзджын дур хæрдмæ уыцы рæвдз стахт. Иу дзæвгар суад уæлдæфы, стæй уым фæлæууыд. Цæсты фæныкъуылды бæрц дзы фæлæууыд, стæй ра- хауд æмæ... Комкоммæ лæджы цæсгомыл йæ дæнг фæ- цыдис. Æз, уыцы æбуалгъ ныв фепгæйæ, афтæ андзыг дæц æмæ, налдæр мæ цæстытæ ахгæнын бафæрæзтон, палдæр мæ сæр иуæрдæм азылдтон. Уыцы дзагъырдза- стæй кастæн, йæ тæригъæддаг сæр дыууæ дурты ’хсæн кæмæп ныммур, уыцы лæгæп ма пæ Оуар куыд схъиудта, уымæ. Уыцы буар афтæсхъиудта, афтæ рæдывта йæхи æддæмæ, раст цыма йæ сæр дыууæ дуры ’хсæнæй рал- васыныл архайдта... Æз поджы тынгдæр бандзыг дæн. Чидæр мын мæ хæдопы фæччи ивæзта, чидæр мын мæ фарс схуыста, чидæр мьщ ме ’фцæгготыл фæстæмæ хæцыд. Мæ хъус- ты, бындзыты æвзæны гуыз-гуызау, нæрыдысты уыцы æмбугæнæг дзырдтæ. Мæ хъус дзы гæзæмæ ахста, иуæр- дæм азил, ма кæс уыцы æбуалгъ нывмæ, науæд дæ зонд фæхæццæ уыдзæн. Æз дзы æвзæрстон ахæм дзырдт’æ, фæлæ сæ коумæ бакастаин, уый мæ боп нæ уыд æмæ... Уыцы тымбыл дур куыд рахауд æмæ лæджы сæр йæ быны луаспйы хуызæп тъæпæнæй куыд баззад, уып дæр ма федтоп, стæй ницыуал базыдтон... Куы æрчъицыдтон, уæддæр мæ цæстытæй ракæсын нал бауæндыдтæн, фæлæ æнæуый хатыдтон, талынг кæй у. Хатыдтон æй æмæ мын мæ буар уыцы цыргъ дуртæ хуынчъытæ кодтой, фæлæ уæддæр хуыссыдтæн. Фыртасæи пал хатыдтон мæ буары рис. Хуыссыдтæн æицад æмæ мæ хъустыл уадысты кæйдæр ныллæг хъæ- лæсыдзырдтæ. Уый дзырдта: «Лæппутæ, быхсут. Хуыз- дæр амал уын нæй æмæ быхсут. Ардыгæй фæззæгмæ, цалынмæ фæуазæлттæ уа, уæдмæ ацы дурастæрд кæрт уыдзæн уæ цæрæн бынат ’дæр, уе ’хсæвы хуыссæн дæр æмæ уæ куысты бынат дæр. Уæртæ рæбынæй къæдзæхы ис арф лæгæт. Уым къæдзæхæй æфтаудзыстут, арæз- тадон æрмæгæн диссаджы хорз чи у, ахæм дур. Æддæмæ йæ хæсдзыстут лæггуыфты æмæ йæ æддейæ амайдзы- стут. Згъæлгæ сæ цы кæна, уый уæхи, æмæ ма уæ фæстæ ардæм чи1 аербахауа, уыдонæн фыддæр хъизæмар æвза- рыны тыххæй калдзыстут мæнæ ацы кæрты. Йæхицæн уæ æрбадæн, науæд æрхуыссæн бынат расыгъдæг кæны- ныл макуы мачи фæлварæд, науæд уæртæ уыцы дур- 307
тæрх уый тыххæй у арæзт. Куыд кусы, уый та уæхæдæг федтат абон...» *— Цавæр сырды мыггаг у ацы дурсæттæны хицау? — чпдæр бафарста дзурæджы. — Адæймаджы ’ хъизæмар ып афтæ æхсызгон цæмæн у? — Æгъатыр* æмæ æнаккаг хæдзарвæндагæй у ацы куыдз, — ныллæг хъæлæсæй та дзырдта уый. — Фыдæл- тæй фæстæмæ ацы мыггаг сæ кæсдæрты ахуыр кæнынц адæймагмæ æнæуынон цæстæй кæсыныл. Æмæ цæмæй сæ кæсдæртæ æгъатырдæр цæуой, цæмæй адæймагæн æппындæр тæригъæд ма зоной, уый тыххæй æрымысы- дысты, зæгъгæ, ацы къæдзæхты дур адæймаджы сойæ сæрстæй кæны рæсугъддæр, æрттивы тынгдæр, йæ гъæд кæны бирæ цæстыахадæндæр. Æмæ уый тыххæй рагæй фæстæмæ дунейы цагъаруæйгæнæн базæртты æлхæдтой цагъартæ, давтой, адæмыл, сыгъдæг туг адæмыл кæй нæ нымадтой (сыгъдæг туг адæмыл та нымайынц æр- мæст сæхи мыггаджы), уыцы адæмты сывæллæтты, сæ устыты, сæ зæрæдты. Æргæвстой сæ æмæ уыдон тугæй сæрстой сæ дурты. Ныр сæ давын æмæ æлхæныны сæр дæр нал хъæуы. Хæст сын адæймаджы лæвар сойæ сæрды сæ дурты. Фæлæ уæддæр адæймаджы хъизæмар- мæ кæсынæй сæ цæстытæ нæма бафсæстысты, сæ зæрдæ дзы нæма фелгъæд ис æмæ уын уый тыххæй æвзарын кæнынц мæнæ ахæм хъизæмæрттæ. Афтæ уыдзыстут, ’цалынмæ фæуазæлттæ кæна æмæ дуармæ æнæхуыссæн, æнæ уæлдай уæлæдарæс уæ бон цæрын æмæ кусын уа, уæдмæ, стæй ма уæ удæгас чи баззайа, уыдон та фæ- стæмæ аласдзысты лагермæ. Бæргæ мын зын у уæ хъизæмæрттæм кæсын, фæлæ уын мæбон баххуыс ни- цæмæп у. Кæд-иу уын искуыдæн-искуыдмæ кæрдзын самал кæнон, уæд ууыл хъæцут. Ныр та уал æз цæуын, науæд мыл исчи куы фæдызæрдыг уа, уæд мын мæхи буары сойыл дæр нæ бацуарддзысты. 'Байсæрддзысты дзы сæ дурты. — Иæ къæхты уынæрæй базыдтон, дзу- рæг кæй ацыд, Уый. Æз дæр мæхиуыл схæцыдтæн æмæ бафарстон, мæ цуры чи бадт, уыцы лæджы, чи у, зæгъын, уыцы хуыцауы сконд?- Лагеры-иу нын кæрдзынтæ чи лæвæрдта, уыцы немыцаг коммунист, дам, у. Æз фæ- фæсмон кодтон, кæй нæ рабаддæн æмæ йæм талынджы уæддæр кæй нæ бакастæн хæстæгмæ, ууыл, фæлае уый уæдмæ кæрты дуарæй ахызт. Уыцы бонæй фæстæмæ мæхæдæг дæр хатын байдыд- тон, мæ зонд, мæ хъуыды сæ раны кæй нал сты, уый. 308
Фæлæ ма уымæн быхсæн уыд. Ууыл куы баззадаин, уæд мыл ницы уыдаид. Кусын фæрæзтон, дуртыл бадын æмæ фынæй кæныныл дæр фæцайдагъ дæн æмæ йæ уынбæрц пал хатыдтон, уæдтæ быругæрон цы къæйдур уыд,_ууыл мæ куы æрхуыссьш кæной, зæгъын, уый тæс- сæн мæ бадæн бынат расыгъдæг кæныныл дæр никуыуал фæлвæрдтон. Фæлæ фынæй лæг ахæмтæн цы ’мбары? Иу хатт спхоры улæфтыл афынæй дæн (хæрды фæстæ нып æрдæг сахат лæвæрдтой аулæфынæн). Фынæйæ гы ми кодтон, уымæн та мæхæдæг цы базыдтон (уый фæстæ мын æй загътой ме ’мбæлттæ, фынæйæ, дам, дæ бынæй дуртæ истай æмæ дам сæ иувар’с æвæрдтай), фæлæ мын иу рæстæджы дыууæйæ мæ цæнгтыл фæхæ- цыдысты. Уыцы дуртыл мæ- куы ахæр-хæр ластой, уæд^ мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Зæгъын, ныр мæ æнæмæнг уыцы къæйдурмæ ласынц æмæ мæ зонд, мæ хъуыды бынтондæр бандзыг сты. Фæлæ мæ уыцы дурмæ нæ баластой. Æниу мын уый, чизоны, стырдæр хæрзиуæг уыданд, фæлæ мæ уымæ нæ баластой. Иу ма мын дзы цъæррæмыхстытæ уырыссагау афтæ дæр бакодта, зæгъгæ, дæ амонд уыд æмæ фынæйæ бакодтай афтæ, науæд æндæр тæрхмæ уыдаид дæ фæн- даг. Ныр та уал афæлвар, фынæйæ чи архайы пæ уавæр фæхуыздæр кæныныл, уыдон тæрхыл. Æмæ йæ бафæл- вæрдтон: дæлгоммæ мæ æрхуыссын кодтой, мæ риуы гуыдырæн мæ фадхъултæм чи уыд, ахæм тъæпæн ду- рыл. Уæлейæ дæр мыл æруагътой ахæм дур, стæн сæхæ- дæг ацыдысты. Æз дыууæ дуры ’хсæн цас фæдæн, уымæн пбон дæр ницы зонын. Арæх-иу фесæфтон мæ зонд. Ни- пыуал-иу хатыдтон. Цыма мард дæн, афтæ-иу мæм каст, фæлæ та.иу мæ æрчъицын кодтой. Уырдæм-иу мын бадардтой дон, æдзух не ’хсæнты махæй хынджылæг- гæнгæ чи зылд, уыцы къаннæг лæппутæ. Мæ дзыхы-иу мын рæстæгæй-рæстæгмæ дзулы комдзæгтæ дæр акодтой æмæ... Мæ зонд-иу сæфт куы уыд, куынииы-иу хатыд- тон, уæд мын уыцы æнцон уыд, фæлæ-иу куы æрчън- цыдтоц æмæ-иу мæ цæстæй куы ракастæн, уæд-иу уыцы дуртæ мæ разы сыстадысты алыгъуызон сырдтæ æмæ адæймæгты хуызы. Уыдис-иу дзы сыкъаджын æмæ къæ- дзилджын адæймæгтæ, автомат-иу мæм чи ныддардта, зхæм æрсытæ, дур сæрдасæнæй мын мæ рустæ æмæ мæ сæр чи даста, ахæм рувæстæ, дурæй конд хæринаг мын чи дардта æмæ мæ дæндæгты къыбар-къыбур æмæ хъыр- рыстытыл кæл-кæлæй чу худт, ахæм базырджын сыл- 309
гоймæгтæ, доны мидæг мын мæ фæсонтæ дурæй чи хафта, ахæм кæсæгтæу мæ алывæрсты чъыллипп кафт чи кодта æмæ мæ дурын хъамайæ чи рæхуыста, ахæм дæлнмонтæ... Æмæ дзы цы нæ уыд!.. Æмæ дзы цы нæ уыд! Æмæ иууылдæр конд уыдысты дурæй. Адæймагæй, сырдæй, дæлимонæй — иууылдæр конд уыдысты дурæй. Ноджы уыцы фыдбойнаджы лæгмарæн тæрх кæд уыдис мæ тæккæ цæстыты раз. Уæлгоммæ-иу ыл кæй схуыссын кодтой, уыдонæн ницы уыд. Уыйбæрц мæ нæ тыхсын кодтой уыдон, фæлæ-иу ыл дæлгоммæ кæй схуыссын кодтой, уыдонæн-иу мæ тæккæ цæстыты раз сæ гагуытæ æддæмæ куы р’абырыдысты фыртæссæй, æмæ фыррыстæй, уæд-иу уыдон тæригъæдмæ ’кæсынæй мæ уд бынтондæр адунейаг нал уыд. Тæригъæд сын тынг кодтон, фæлæ сæм хæлæг æмæ тæхуды дæр кодтон. Æз уыдонæй кæ- мæн фæнды Дæр мæ бынат стыр æхсызгонæй баивтаин. Йвгæ цы? Æз ма йын уæлæвæрæн дæр раттаин. Æндæр мæм уæлæвæрæйнагæй ницы уыд, фæлæ ма мын уыд иунæг бызгъуыр хæлаф. Псулы сæрæфтæн ма мын иунæг бызгъуыр хæлаф уыд боньЪ уæлæдарæсæп дæр æмæ æхсæв хуыссæнæн дæр. Уым, уыцы къæппæджы дæр мæ уæлæ уыд æмæ уый дæр раттаин уæлæвæрæн, йæ-бынат мын чи баивтаид, уымæн. Æз мæ мадард бæгънæгæй дæр дзæбæх бафардæг уыдаин мæрдтæм. Фæлæ дын ахæм рæстæджы йæ амондджын бынат чи баивдзæн мæ къæппæджы хуызæн æпамопд быиатыл? Ничи дын æй баивдзæн æмæ дзæгъæлы уыд Мæ тæхуды... Æтт, уыцы лæгмарæн тæрхмæ куыд бæллыдтæн, фæлæ... Цыхуы- зæпдæ’р’скоид у адæймаг æмæ йын ницы бамбардзынæ. Афтæ тыпг кæмæ бæллыдтæн, уыцы тæрхмæ бахауыны тыххæй мæ бирæ ницы хъуыд, фæлæ йæ аразгæ скодтаин, уый мæ бон нæ уыд. Нæ тасыд ме онг. Æмæ, уæдæ, уьцты онг дыууæ дуры ’хгæн дæлгоммæ хуыссынмæ æмæ дур сьтрдтæ æмæ адæймæгты мабстæймарæн митæм кæ- сынмæ цæмæ хæл-хæл кодта, уый диссаг нæ уыд? Иу хатт ын цæуылнæ фæцис зонд зоныны хос? Цæмæн дзы бамидæг дæн цалдæр хатты? Ницы йын зонын, фæлæ... Зымæгмæ, куы фæуазæлттæ уыдаид, уæдмæ нæ нæ ба- хъуыд æнхъæлмæ кæсын. Æз æнхъæл дæн, нæхиуæттæ куы æрбапыдысты æмæ нæ куы ссæрибар кодтой, уæд дæр уыцы дурты ’хсæн уыдтæн. Æнхъæл ,дæн уырдыгæй мæ рафтыдтой... Стæй мæ дзæбæх кодтой дохтыртæ... Стæй мæ рарвыстой... Рарвыстой мæ, фæлæ ацы дуртæ, ацы дуртæ! Ацы 310
чъыллиппæй кафæг дуртæ æмæ дурæй дасæг дуртæ мæ цæстыты разæй нал хицæн кæнынц æмæ мын мæ удæй хъазынц. Куынæг сæ кæнын, бырцытæй сæ калыи, доны сæ æппары, фæлæ уæддæр нæ фæуд кæнынц, уæддæр мын æнцой цард нал дæттынц, — йæ сæр тынг тилы Хуы- га æмæ йæ цæссыгтæ ставд æртæхтæй фæйнæрдæм тæ- хьшц... Цуца, мæгуыр, сæркъулæй бадт устыты кæрон æмæ уырдыгæй хъуыста Хуыгайы ныхæстæм. * * * Хуыгайæн йæ дзуринæгты хызын æмæ йæ цæсгомы уæз- зау æнгас иумæ равдæлон сты. Æвæццæгæн йæ ныхæс- тæ, йæ хъæстытæ йе ’мтуг, йе ’мыстæг адæмæн куы фæ- кодта, уæд йæ зæрдæ æрсабыр, йæ уд æрынцад æмæ йын фенцондæр ис. Нырмæ йын нæ уыд, йæ зын сагъæс- тæ кæмæн фæкодтаид, афтæ лæмбынæг ын сæм чи бай- хъуыстаид æмæ йыи йæ хъизæмæртты уæзæй иу хъарм, . зæрдæмæхъаргæ ныхасы фæрцы иу уырзы бæрц уæд- дæр чи айса, ахæм адæймаг æмæ адæмтæ. Кæуыл æм-,, бæлд, кæимæ цард æмæ цыд, уыдон ып уæддæр æцæ- гæлон уыдысты, стæй дзы алкæмæн дæр йæхи хъизæ- мæртты уæз фаг уыд æмæ искæй хъизæмæрттæй йæхи- мæ райсын никæй æндæвта уыдоыæй. Ныр æм иу кæ- нæ дыууæ адæймаджы нæ кæсы, уйрзæгой, тæригъæд- тæнæг цæстæнгасæй.' Æнæхъæн хъæуы цæрджытæ чы- сылæй, стырæй, зæрондæй, æрыгопæп, сылгоймагæй, нæл- гоймагæй — иууылдæр сты йæ алыварс. Уыдонæй иын йæ алы чысыл фезмæлдмæ дæр стыр фыдракæндмæ кæ- сæджы цæстæй ничи бакæсдзæн, уыдоиæй йæ, йæ бынæй дур райсын, кæнæ чысыл исты уæлдай пыхас сирвæзыны тыххæй дурты æхсæн ничи бакæндзæч. Æмæ йæ удыл зенцайæг уæзæй ахауд дзæвгар. Йæ цæсгом уыцы дзæ- бæх йæ хуыз скалдта, йæ ныхасыгъæд дæр бæрæг фæ-* рæвдздæр ис. Суапг ма ыуазæнтæ дæр авæрдта кæмæ- дæрты. Лæппутæ куы зарыдысты, уæд сын. уый дæр хъырныдта. Уыды дзæбæх сын хъырныдта æмæ дзы Цуцайы зæрдæ бабуц ис. Цавæрдæр ныфсы æнкъа- рæнтæ йын бахъарм кодтой йæ уды равг, йæ зæрдæ йын хуры тынтау батавтой æмæ йæм цыд кæуын. Фырци- нæй йæм цьтд кæуын. Кæуьщ æм цыд æмæ куыдта су- сæгæй. Куыд пичи йæ фена, афтæ сусæгæй куыдта. Хуы- 311
гайы цæстæнгас кæй æрчырыстон ис, уый йын йæ цæс- /л тытыл цыдæр дзæбæх нывтæ уайын кодта æмæ йæ уы- дон кæуын кодтой. Уыцы дзæбæх нывтæм Дзылыты уæ- зæджы номæй йæхæдæг иунæгæй кæй кæсдзæн, уый’ йын зын уыд." Исчитæ ма сæ куы фенид. Æмæ тæхуды’- кодта, онг цухæй дæр, цæнкуылтæй дæр йæ сæры хи- цау хæстæй кæмæн æрыздæхт, уыцы устытæм. Чи æры- здæхт, уыдонæн сæхимæ нæ тæхуды кодта, уый йæ цæс- гом нæ хъæцыд,-фæлæ сын сæ устытæм тæхуды кодта. «Ныр уыдонæн ис, сæ цинагыл кæимæ цин кæной, , уый, — кæугæ-кæуын йæхинымæры дзырдта. — Ис сын, ч сæ цинагыл кæимæ цин кæной, уый, æмæ уæд фылдæр ахаддзæн сæ цинаг. Маст хуыцау макæмæн зæгъæд, фæ- лæ куы æрхауа, уæд ыл кæимæ маст кæной, уый дæр сын ис. Ис сын, кæимæ мает кæной, уый, æмæ уæд маст уадиссаг нæ ахады. Йæ тых сæтты æмæ æнцондæр хæс- . сæн свæййы. Мæнæн та чи æрбалæудзæн мæ уæлхъус ахæм рæстæджы? Ничи. Мæн мæ цинагыл дæр иунæ- гæй хъæудзæн цин кæнын. Æниу ма мæнæн цæй цины бонтæ уыдзæн?-Мæнæ Хуыгайæн бинонтæ кæд æркæн- дзынæн, уымæ ма у мæ каст. Ууыл цин кæндзынæн, фæ- лæ мæхи тыххæй нæ. Уыцы цин мæнæн.æрдзæй ратгæ *нæ уыдзæн, фæлæ хæдаразгæ. Кæйдæр æфсæрмæй, кæй- дæр тыххæй хъуамæ.цин кæнон. Кæйдæр уæзæг, æниу дзы мæнæн дæр ныр мæ уæзæджы хай ис, фæлæ уый дæр кæд, мыййаг, афтид ныфсæвæрд у. Кæддæр æз мæ- хæдæг-дæр ацæудзынæн, ам мæхицæн уазæджы хайæ кæй фæрцы ныфс æвæрын,- уыдонмæ. Ацæудзынæн сæм æмæ уæд мæнæн мæ уазæджы хай .иууылдæр уырдæм аив_ылдзæн. Ам мын дзы пицыуал баззайдзæн. Æмæ, уæдæ, ныр Хуыгайы цинагыл куы цин кæнон, уæд мын уый цæй æрдзæй ратгæ цин уыдзæн? Уый уыдзæн кæй- дæр æфсæрмæй, кæмæндæр дардæй хæстæгмæ, уæлæ- уылы цардæй мæрдты бæсты цардмæ ныфс авæрыны ’охыл цин. Æмæ уый дæр иувахсыг цин уыдзæн. Мемæ йыл мæнау ничи цин кæндзæн æмæ уæд цы хъуамæ са- хада афтæмæй? Ницы. Мæстытæ мын бирæ уыдзæн. Уый зонын. Цалынмæ мæ уазæджы хай, кæй фæрцы дзы мæхицæн уæзæджы ныфс æвæрын, уыдон ’цурмæ. йæ ахæссон æмæ йæ уыдон уæзæджы хайыл нæ бафтауон, уæдмæ мын бирæ мæртытæ уыдзæн, фæлæ та ам дæр, уыцы мастыл мын иуырдыгæй мæхиау • тыхджын æмæ1 ныфсджынæй чи схæца, ахæм нæ уыдзæн æмæ уæд уы- цы маст та мæнæн уæз кæндзæн, æцæгæй цы у, уымæй 312
бирæ фьллдæр. Цас зынхæссæн у, уымæй мын бирæ- зындæр хæссæн уыдзæн... Æх, — йæхинымæры йæ къух ауыгъта Цуца. — Уæддæр мын сын æнæбыхсгæ нæ уы- дзæн. Мыййаг, кæмдæр мæ уæзæджы хай мæнмæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, хъæумæ æрбазынæн къуылдыммæ кæсгæйæ куы нæ хус кæны. Ацы ран ссардтон уæзæджы хай æмæ мын йæ цинæй дæр æмæ йæ хъыгæйдæр хъуа- мæ уа, иу хæдзарыл цас æмбæлы, уый бæрц. Цы ма мæхи хæрын мæстæй? Куы ницы дзы рахæсдзыæн, уæд ма мæхи цы хæрын? Фæлтау хъæлдзæг дарон мæхи æмæ мæ уæзæджы хай дæр цæсты хуыздæр ахада!» — ахæм ныфсытæ авæрдта йæхицæн æмæ фынгтыл азылд... Æхсæв уыдис сабыр, хъарм æмæ фæлмæн. Цуца уазджыты куы афæндараст кодта, æмæ фæстæмæ куы раздæхт,;уæд фæхатыдта ацы хабар. Æхсæв сабыр, хъарм^æмæ фæлмæн кæй уыд, уый фæхатыдта, фæ- стæмæ куьГ рахызт æмæ кæрты дуарыл куы фæцæй хызт мидæмæ, уæд. «0, æмæ хъарм кæй у, уый диссаг нæу,— йæхинымæры дзуры Цуца. —Хъарм кæй у, уый та цы диссаг у? Сæрдыгон æхсæв у æмæ хъарм хъуамæ уа.Афтæ йыл æмбæлы. Сæрдыгон æхсæв фидаугæ дæр хъармæй кæны. Сабыр кæй у, уымæй дæр йæхицæй ма раппæлæд. Æмбисæхсæвмæ хæстæг у æмæ уæд уддзæф æмæ уахъæз дæр, æвæццæгæн, фынæй фæкæнынц. Бо- нырдæм та растдзысты æмæ та бæлæсты сдзурын кæн- дзысты сæ сыфтæр-æвзæгтæй. Сæрдыгон æхсæвыл афтæ дæр æмбæлы. Афтæ дæр ыл фидауы. Хъуамæ стыр фæ- сахсæвæрæй райсомы боны цъæхтæм уа сабыр, æнæ- сым. .Бонæрдæм та хъуамæ сызмæла æмæ... Фæлæ фæл- мæн кæй у,уый никуы фæхатыдтон æмæ мæм ацы хатт цæмæн афтæ кæсы, цымæ? Алæма, æз æй мæ уырзтæй æрысгарон,— йе ’рмттæй ахсы æхсæвы мæйдар æмæ уый дæр уыцы фæлмæн тулатæ кæны йæ уырзты ’хсæн- ты, йæ армы ссывдтыты. — Цымæ уып цæмæн афтæ у? — йæхн æви æндæр искæй фæрсы Цуца. — Цымæ ацы хатт цæмæн фæлмæн у æхсæв? Æви та кæд ног исты æнкъа- рæн бафтыд мæ удыл. Кæд та ног исты хæрзиуæг ба- >фтыд мæ уæзæджы хаймæ. Ацы уæзæгæй мæ удмæ цы хауы, уымæ та кæд ног исты хæрзиуæг бафтыд æмæ йæ æз нæма хатын. Æмæ мып уæд рæстæрдæм хæрзиуæг куы фæуид, мæ удыбонтæй. Æмæ ацы уæзæгыл мæ уæзæ- джы хай бæласау уидæгтæ кугя ауадза, ахæм хæрзиуæг . мын куы фæуаид, мæ удыбонтæй...» Хуыга балкъоныл лæууыд.- Цæджындзыл банцой 31$
.кодта, афтæмæй лæууыд. Фæтæгены цырагъы рухс гом /,' дуарæй ууылты цыд æмæ йæ уый фæ’рцы федта Цуца. ! Лæууыд æнæзмæлгæ æмæ дзы æхсæвы æгуыппæгдзинад , цыдæр сыбар-сыбуры уынæр хаста Цуцайы хъустæм.'] Цыдæр уынæр дзы хъуыст, фæлæ дзы Цуца ницы æм- бæрста. Ницы дзы æмбæрста, афтæмæй та йæ фæндыд/ куы йæм байхъусид. Иунæгæй та цытæ дзуры, иунæгæй та куыд дары йæхи, уымæ куы байхъусид. Æмæ йæ къа- хы æлгътыл бацыд хæстæг. Хæстæг бацыд, Хуыга кæм ’ лæууыд, уырдæм^ æмæ йæм хъусн хæрдмæ. Хъусы йæм æмæ та йæ зæрдæ ногæй бамæгуыр ис. — Уæ, æнæбайрайгæ фæуат уыцы дуртæй, — дзырдта Хуыга. —Уæ, уыцы дурты феууилат уæ дæндæгтæй уæ- хæдæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр, уæлæуыл дæр æмæ мæрдты дæр. Уæ, уыцы дуртæй æргæвст æрцæуат уæхæдæг, кæд-фысы та дуртæй чердæм æргæвстат! Уæ, дурын гобантыл фæхуыссат уæхæдæг, кæд мып сæ ам та мæ къæхты бып цы байтыдтат! Иу хатт мын æгъ- гъæд нæ уыд ацы дурты хъизæмар? Ныр та ма мын æй цы æвзарын кæнут!.. — Хуыга,— йæ бон æм хъусын нал уыд Цуцайæн æмæ йæм сдзырдта. — Уый та кæцы дæ, кæ? — фестъæлфыд Хуыга. — Æз дæн, дæ нывонд фæуон. Цуца дæн, — мыййаг, йæ зоид ноджы куы фæхæццæ уа, уымæй фæтарст Цуца æмæ йыи йæ ном уымæтгзагъта. — Æмæ æхсæвыгон ам цы ми кæныс? Цы мн кæныс æхсæвыгон ам? Æви, мыййаг, мæ къæхты быпæй ацы цыргъ, хъæбæр дурты куы рафтауон æмæ фæлмæн зæх- хыл куы æрлæууон, уымæй мæ хъахъхъæныс, цæмæй мып стæй мæ сæр дурæй дурмæ ныцъæл кæнай, науæд та мæ уæззау дурты ’хсæн бакæнай?.. — Алæ, Хуыга, дæ нывонд фæуон, уыдæттæ ферох кæн. Цæй дуртæ ис ам? — схызт балкъонмæ æмæ йæ цурмæ баиыд. —Ам цæй дур ис? Мæнæ астæрды фæй- пæджытьп куы лæууыс. — Астæрды фæннæджытыл лæууын? — пæ бауыр’- ныдтой Хуыгайы Цуцайы ныхæстæ æмæ йæ дызæрдыг- гъуызæй афпрста. —Æмæ, уæдае, мæ бæгъæмвад къæх- ты ’цæмæн ныхсынц уыцы фæйнæджытæ, жæд дуртæ ие сты, уæд? г^ Кæд, мыййаг, дæ дæлфæдты дуры схъистæ баз- зад, Хуыга, æмæ дæ уыдои хъыг дарынц, науæд ам цæй # 314
дур ис? Стæй бæгъæмвад дæр куы нæ дæ. Мæнæ дыл батинкæтæ куы ис. — Мæнг зæгъыс. Алæма уæдæ æз фенон уыцы ба- тинкæты, — йæ иу къахыл схæцыд Хуыга æмæ йæм къу- хæй æрæвнæлдта. —Ай, æцæг, батинкæ куы у. Æмæ мын, уæдæ, иннæуыл дæр батинкæ ис? —^Уæдæ йыл цы ис? Басгар уый дæр, кæд мыл не ’ууæндыс, уæд. Æцæг æй басгæрста.г — Батинкæ у уый дæр. Æмæ ма уæдæ ацы дуртæ куыд ныхсыиц мæ къæхты? — Дæ дæлфæдты, æнæмæнг, дуры схъистæ баззад. Æз дьтн сæ райсом ссыгъдæг кæндзынæн æмæ дын нал рисдзысты. Ныр та уал бафынæй кæн, дæ нывонд фæ- уон. Фæлæ ацы хуыссæнты хурмæ рагæй нал ракалд- тон. Мыййаг, сымæры тæф куы кæной. Цом, уæртæ мах- мæ баулæф ахсæв, стæй сæ райсом ракалдзынæн хур- мæ.' --•'.. — Нæ, дуртыл фаг фæхуыссыдтæп, ныр та мæнæ ам хъуамæ сынтæджы схуыссон. Ардыгæй никуыдæмуал акомдзынæ’н, — бауад æмæ æддзаумæттæ пыффæлдæхт сынтæджы. Цуца ма йын йæ. дзабыртыл ацархайдта; фæлæ йын уыдондæр нæ бауагъта ласын. Ды та, дам, мæ дуртыл лæууын кæпдзынæ бæгъæмвадæй æмæ, дам, мæ ныууадз. Ныууагъта йæ уый дæр æмæ... Æхсæвæй бирæ ницыуал аззад, фæлæ Цуца фæллад уыд æмæ куыддæр æрхуыссыд, афтæ афыпæй. Ахæм хæццæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтимæ бафыпæй ис æмæ, æцæгæй фынæй уыд, æви уыцы хъуыдыйæ йæхи сайд- та, уымæн ницы зыдта. Кæд фыпæй уыд, уæд ма сæ кæр- ты Газанимæ чердæм бадт æмæ чер’дæм пыхас кодта йе- мæ? Кæд хъал уыд, уæд Сырхой адæймаджы æвзагæй чердæм дзырдта йемæ? Цæмæи ын кодта уайдзæфтæ: — Цуца, ды мæныл сайдæй зилыс æмæ дып уый хорз сылгоймаджы ми нæу, — афтæ йын дзырдта Сырхой. Хæ- дзармæ йæм æрбацыд. Цуца сынтнгыл бадт, Сырхой та бандоныл. Бадтысты кæрæдзийы ныхмæ æмæ афтæмæй дзырдта Сырхой: — пæу дын хорз ми, Цуца, фæлæ йæ дæ зæрдыл бадар. Сылыстæг сылыстæгыл сайдæй куы 315
зила, уæд уый раст нæу. Ды мын дзырдтай, ды мын ныфс,, :* æвæрдтай, зæгъгæ ма ацы уæзæгыл аез æмæ ды стæм» 1 хъуыды æмæ ныхаскæнынхъом. Æз æмæ ма ды стæм уæзæджы фарныл хæцынхъом æмæ йыл хъуамæ иумæ-’Ч хæцæм. Хъуамæ йæ иумæ хæссæм. Уæзæджы фарны! Ч Æмæ дзы цы рауад? Ды дæхицæн ссардтай æндæр хæ- - лæрттæ. Дзылыты уæзæджы фарныл фидар хæцынæн:'. дын мæнæй хуыздæр чи фæахъаз уа, ахæм дæр та дын ’ фæзынд. Дуртæй чи тæрсы, уыцы Хуыгайæ зæгъын. Æмæ -, дæ æз ферох дæн. Мемæ аныхас, ауынаффæ кæныны фа- дат дын никуыуал фæцис. Алыхатт кæдæмдæр тагъд кæ-; ныс, тындзыс кæдæмдæр, фæлæ уыцы кæдæмдæрæн йæ ., кæрон.кæдæм цæуы, ууыл никуы ахъуыды кæныс. Уымæ дæр дæ никуы равдæлы. Æз/га йæ зонгæ кæнын. Уыцы '\ кæдæмдæрæн йæ кæрон кæм-ис, уый æз зопын. Æмæ дын;,~ æй зæгъгæдæр кæнин, фæлæ мæ нæ фæрсыс. Ницæмæй., ’ мæ фæрсыс. Иырмæ ма-иу мæ дуцгæ æркодтай. Нырмæ \ ма-иу мын уыцы хæрзиуæджы бацыдтæ. Абон мын уый дæр дæ дæст нал бауарзта. Де ’ннæ хæлæрттыл цин кæ- Л гын, уыдонæн лæггад кæнын дæм хуыздæр фæкаст æмæ... Æмæ кæдæм цæуыс, уый æз зонын. Зонын æй æмæ дын ’’ æй зæгъин. Куы мæ бафæрсис, уæд дын æй зæгъин... - *'■' «Раст дын дзуры Сырхой, — Сырхой куы банцад йæ: ’ ныхасæй æмæ йæ сæр æмæ йæ къæдзил мæсты тылд-\\- гæнгæ къæсæрæй куы ахызт, уæд та Цуца кæрты бадт Газаиы фарсмæ. Бæласы бын фæхс бандоныл бадтысты ’’ æмæ йын дзырдта Газан: — раст дын зæгъы Сырхой», — сфæлхат кодта Газан. — Æмæ, уæдæ, цы бакæнон, Газан? Адæмыл та мæч; гъух сисон? Мæхи та сæ ратонон æмæ та фæстæмæ Сыр- хоймæ хæссон мæ дзуринæгтæ? — уыцы æрхæндæггъуыз- ; æй йæ бафарста Цуца. — Нæ, иууыл афтæ дæр ма бакæн, — комкоммæ йын \ йæ цæстытæм бакаст Газан æмæ дзуры дарддæр:ч — -," иууыл афтæ дæр нæй гæнæк, сЬæлæ Сырхойы аппарай, ’: бынтон æн ферох кæнай, уый дæр хорз нæу. . ». — Нæ нæ аппардзынæн, Газан. Мæнæ мæ хъуыд-' дæгтæй æриуырдæм уон. Иууыл мын дæ уæзæг куы фæ- дзæхстай. Ныр мæнæн уымæй стырдæр мæтаг ницы-ис. •■. Хъуамæ йын сæндидзыны амал ссарон. Мæнæ Хуыгайæн/, бинонты кой бакæндзынæн. Иугæр куы æрхæдзарон уа. ХУ|Ыга, бинонтæ йын куы уа, уæд та æз иунæгæй уыдзы-г нæн. Мæ пзæртæ, мæ райсомтæ æрвитдзынæн Сырхоимæ. æмæ чыи цы æнæныхасгæнгæ уыдзæн? Уæдæ, æндæр 316
кæмæ хæсдзынæн мæ хъæст’ытæ? Æндæр кæй фæрсдзы- нæн зондæй?.. — Тæрсын, Цуца, — йе уæхсчытæ дызæрДыджы æл- хъывдтытæ кæны Газан. — Цæмæй тæрсыс? — Адæм уæддæр адæм сты, Цуца. Искæй уæззау уаргъ æнæхъæнæй райсынмæ йæ дыууæ уæхсчы чи ба- дара, ахæмтæ^ стæм сты. Адæмы ’хсæн ахæмтæ стæм сты æмæ уымæй тæрсын... — Æмæ æз, мыйпаг, мæ уаргъ искæй уæхсчытыл баргъæвинаг дæн? Ахæм^хъ>ыды мæм куьшикуы уыд, Газан. ’ 4 — Æз дын иу аргъау куы ракæнон, уæд мæм бай- хъусдзынæ, Цуца? — Байхъусдзынæн дæм, Газан. Æз дæумæ хъусынæй никуьгбафсæстæн æмæ дæм куыднæ хъуамæ байхъу- сон? — Уæдæ хорз. Æз дын ракæндзынæн ’нарты хабæрт- тæй иу. ’ —^Ракæн, Газан. Мæнæн уæлдай нæу. — Нарты Сатана рæсугъд æмæ зæндджын сылгой- маг уыд. Зæндджын æмæ рæсугъд сылгоймаг уыд, фæлæ нартыгуышшрсарты ’хсæн, йæхицæн мойагæн кæй саг- гаг кодтаид, ахæмыл никæй нымадта, йæхи æфсымæр Уырызмæгæй дарддæр. Æмæ йе ’фсымæр Уырызмæгæн куы ’ркой кодта, уæд уый тынг фæджихау ис. «Ау, уый та ^куыд,,— фæрсы йæ Уырызмæг,— мæ хойæ’ мæхицæн бинонтæ скодтон, зæгъгæ, мæ уый нартæ куы фехъусой, уæд мыл къуыппæн зарæг не ’скæндзысты? :—Дæ.хæрæгыл саргъ сæвæр, ме ’фсымæр, — зæгъы йын Сатана. — Зыгъуыммæ йыл сбад æмæ ныхасы рæз- ты ацу ’ иууырдæм,% иннæрдæм, стæй куы ’рбаздæхай, уæд-иу мын4 радзур, ныхасы адæм сæхи куыд дардтой, уый. Уырызмæг дæр афтæ ;бакодта æмæ, куы ’рбаздæхт, уæд радзырдта Сатанайæн: «Фалæрдæм куы фæцæй- цыдтæн, уæд ныхасы адæм иууылдæр худæгæй тæнхæлд- тæ кодтой, куы раздæхтæн, уæд ма дзы стæм чидæртæ бахудт. Ноджы та уыцырдæм ацыдтæн. Чидæртæ ма мæм дзы æрбакаст, фæлæ дзы худгæ ничиуал бакодта. Куы раздæхтæн, уæд та мæм дзы кæсгæ дæр ничиуал æрбакодта». - * Сатанайæн æхсызгон увдысты йе ’фсымæры ныхæстæ æмæ йын’загъта: , 317
«Æз æмæ ды нæ цард куы сиу кæнæм/уæддæр хъуыд- даг уыдзæн афтæ. Раздæр ныл иууылдæр худдзысты, стæй ма стæм чидæртæ, фæстагмæ та нæ хъуыды дæр ничиуал кæндзæн». — Æмæ мын ды уыцы аргъау цæмæн ракодтай, Га- ’ зан?—Газан куы ныхъхъус æмæ куы ницыуал дзырд- та, уæд æй бафарста Цуца. — Аргъæуттæ нын канд нæ хъус æмæ не ’нкъарæн- тæ нæ рæвдауынц сæ аивдзырд æмæ сæ диссаджы ;; хъуыддæгтæй, фæлæ нæ ахуыр кæнынц цæрыныл. З.ын ^ рæстæджы нæ куыд саразын хъæуы, уый нын амонынц. — Зын æмбарæн сты уæддæр дæ ныхæстæ, Газан. Ныхасы зынæнбарæнæн ницы у. Уый адæймаг ис- ; куы уæддæр бамбардзæн, фæлæ царды уымæй зынæм- барæндæр хабæрттæ вæййы æмæ уый у мардæрцыд. Адæймаг сыл рæстæгыл дзæбæх куынæ ахъуыды кæ- на, уæд стæй байрæджы вæййы æмæ... — Зæгъæм, æз истæуыл хорз нæ ахъуыды кодтон йæ рæстæджы? — Фæстæдæр дын ноджы фылдæр хъуыды кæнинæг- тæ уыдзæн, Цуца, фæлæ мæн ’æндæр цыдæр æндавы. — Цы? — Æрдæбон дын уаргъ æмæ уæхсчыты кой куы код- тон. — О, кодтай мын. — Хуыга дæр ныртæккæ уаргъæй хъауджы нæу. Мыййаг дын æй йæхимæ куы ничи айса, уæд цы дæ зæр- ды ис бакæнын? — Ау, нæ уæзæджы хъысмæт кæмæ бахъара, йу ахæм нæ разындзæн? Хуыга та, куы баулæфа, адæмы ’хсæн- мæ куы рацæуа, адæм æй куы барæвдауой, уæд æрчы- рыстон уыдзæн. Æрцахсдзæн йæ зонд. Æз та йын би- нонтæ æркæндзынæн. Уыдзæн сын зæнæг æмæ та уæ- зæджы фарн дæр сцæрæццаг уыдзæн... — Фенæм, Цуца, — йæхи бакъултæ кодта Газан. — Фенæм, фæлæ дæ Сатана æмæ Уырызмæджы аргъау ма ферох уæд... — Уæдæ мын хотæ æмæ æфсымæртæ уыдзæн, гыц- ци? — Газан куыд ацыд æмæ йе ’дзард хъæбул Тæгу йæ , хъæбысы куыд февзæрд, уый зонгæ дæр нæ бакодта Цу- ’ цаг Нæ йæ базыдта, афтæмæй йæ хъæбысы февзæрд Тæгу æмæ йын уыцы цæстæнгас дзуры. — Уыдзæн мын уæдæ хотæ æмæ æфсымæртæ? — Уыдзæн дын, дæ нывонд фæуон, — йæ сæры лæппын 318
хъуынтæ йын йæ армæй дауы Цуца. — Хуыгайæн би- нонтæ æркæндзынæн. Райгурдзæн сын сывæллæттæ æмæ> уыдон уыдзысты дæ хотæ æмæ де ’фсымæртæ. Ды та-иу семæ хъаздзынæ. ! ч — Мæн нæ фæнды семæ хъазын, гыцци, — йæхи фæ- хъуынтъыз кодта Тæгу. — Уадз æмæ сæхæдæг хъазæнт. Æз сæм дардæй кæсдзынæн. _Куыд хъазой, уымæ кæс- дзынæн. Мæн æндæр ницы фæнды. — Æмæ дæ семæ хъазын цæуылнæ фæнды, мæ хъæ- бул? — Цæуылнæ, цæ, мах кæрæдзимæ дард уыдзыстæм æмæ нын кæрæдзимæ æрцæуæн нæ уыдзæн. Æз та сæм дардæй куы кæсон, уæд мын уый дæр фаг у. У мын фаг! —-йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кодта Тæгу æмæ Цу- ца фехъал ис æмæ йæ хъустыл ауад Сырхойы уасын. «Саубон мыл,дысон мын æнæдыгъд баззад, æнхъæл дæн, —уыцы рог фестад Цуца. — Уыцы дзаг фæздонимæ удхарæй йе ’знаг амардаид дысон бонмæ...» — Цымæ цæмæ рацæудзысты мæ фынтæ? — цыма хъуджы фæрсы, уыйау сдзырдта Цуца, Сырхойы дуц- гæйæ. Уый йæм фæстæмæ ракаст æмæ ныллæг хъæлæ- сæй бауасыд. —Ды дæр мын уайдзæф кодтай, Сырхой, фыны. Уайдзæф мын кодтай. Æмæ уайдзæфаг дæн, фæ- лæ цы саразон? Уæзæг уæзæг уæд, хуыйны, æмæ дзы æрвыл бон дæр цллдæр кæрты’куы фезмæлы бирæ адæм. Куы дзы вæййы сывæллæтты дзугтæ æмæ куырыхон зæ- ронд лæгтæ, зондджын зæронд устытæ æмæ æнæзи- вæг чындзытæ, сасгуыр усгуртæ æмæ рогвад чындздзон чызджытæ. Уæд сын иумæ æнцон вæййы уæзæджы фарн хæссыи. Уæд сæ ницы ферох вæййы. Уæд сæ хъуццытæ дæр æнæдыгъд никуы баззайынц, мæнæ ды дысон куыд баззадтæ, афтæ. Ацы уæзæгыл ахæмæй ницы ис. Мæнæ йæ ацы дыууæ æнæбон уæхскыл ныр кæдæй нырмæ хæс- сын. Мæ бон нал у. Нал æй фæразын, Сырхой, æмæ мьш ды та ноджы буцтæ кæныс». Хъуг куы æрдыгъта æмæ йæ кæрты дуарæй фыййæут- ты размæ куы ахизын кодта, уæд бакаст Хуыгайы кæрт- мæ. Ничима дзы зынд. «Æвæццæгæн, нæма райхъал ис, мæгуыр», — ахъуы- ды кодта йæхинымæры æмæ бацыд хæдзармæ. Æхсыр ныффæрсыгъта, ахсæн ыл акодта æмæ рацыд кæртытæ æфснайынмæ. Хуыга, æцæг, нырма фынæй кодта. Фынæй кодта сынтæджы. Хæсты агъоммæ-иу кæуыл фынæй кодта, 319
уыцы сынтæджы хуыссыд. Хуыссæнтæ æи^æг гæзæмæ уымæлы ад кодтой æмæ сæ уæлæнгай сымæры тæф дæр цыд, фæлæ йыл фындзы хуынчъытæ уайтагъд ацайдагъ сты æмæ йæ нал хатыдтой. Æмæ фынæй кодта æмæ’ уыдта диссаджы дзæбæх фын. Фын уыдта ахæм. Фый- йаухъом лæппуйæ-иу йе ’мбæлттимæ хъуццытæ кæм хызтой, уыцы фæрвджын цъалайы Ш,цъайы доибылгæ-' рон фестад дынджыр куырой. Раст уæлæ Бурсамдзе-- лийы хохыйас куыроп. Пацъапы цæугæдон фестад æнæ- ’ хъæн фурдыйас æмæ куыройы дынджыр цалхмæ згъорд- та дæллаг комы йас нучы мидæг! Дон цавта цалхы ’, фæрчытæ æмæ уыцы цæфæй зылдысты хохыйас куы- ройы фыдтæ. Зылдысты æмæ сæ хъæлæсмæ поезды ва- гоныйас кæхцæй згъæлдысты, Хуыга , цалдæр хатты дыпджыр дурты ’хсæн кæм хъизæмар кодта, уыцы дурсæттæны дуртæ. Згъæлдысты куыройы фыдты хъæ- лæсмæ æмæ сæ уый лыстæг ссадта. Мæнæуы ’ссадæй сæ лыстæгдæр ссадта æмæ уыцы ссад калдта цъала- йы дæлвæзтæм. Хуыга исдуг уыцы дуртæн се ссадæй дæр тарст, фæлæ йæм стæй куырой адæймаджы хъæ- лæсæй сдзырдта:' «Ма тæрс, Хуыга. Æз дæ туг æмæ дæ маст исын ацы дуртæй. Æз сæ дæу æмæ де ’мбæлтты туг æмæ маст исын.- Æз æрысдзынæн, дунейыл цыдæ- риддæр ахæм дуртæ ис, уыдон, цæмæй сæ мыггаг сыс- къуыйа æмæ дæ зæнæджы зæнæджы, стæй уыдон>мил- уанæм фæлтæр дæр макуыуал бавзара ацы дур-фашист- ты цыргъ ссырты риссаг æмæ дудаг хæст. Æз сæ афтæ æрысдзынæн, æмæ сæ иу схъис дæр куыд нæуал баззайа. Ды та уыцы дурты ссадыл бæгъæмвадæй дæр цу. Лидз сыл бæгъæмвадæй, ратул-батул сыл кæн, дæ мад дæ куыд ныййардта, ахæм бæгънæгæй. Нæдæр дын дзы дæ дæлфад исты скæнзæн дурæфхæрд, нæдæр дзы’ дæ буа- ры исты фæныхсдзæн...» Æмæ Хуыга фыццаг тæрсгæ-ризгæйæ, стæй æдас- д&рæй балæгæрста уыцы ссадыл, æмæ æцæг диссаг уыд! Афтæ фæлмæн уыд, афтæ, къæхты бын, æмæ дзы Хуы- га радугъ-бадугъ æмæ ратул-батулæй нал æфсæст. Иæ бæгънæг буар æмæ йæ бæгъæмвад -къæхтæ цух цæмæй уыдысты, цæмæ бæллыдысты, уый баййæфтой, æмæ дзы нал æфсæстысты хъылдымтæ кæнын æмæ ратул-батул- æй. Æмæ уыцы дзæбæх зæрдæхцондзинад куы æнкъард- та,1 уыцы дзæбæх ын куы рæвдыдта уыцы’ дурссад йæ бæгънæг буар æмæ йæ бæгъæмвад дæлфæдты, уæд æм кæд æрбацыд йæ мад. Саучызг æм. уыцы къулбæрзæй 320
#мае æрхæндæг цæсгомимæ æрбацыд. Дурыссадмæ дард дæууыд Саучызг æмæ уырдыгæй каст йæ хъæбулмæ. Кæддæр къаннæг сабийæ-иу сæ фæсхæдзар змисыл куыд быгъдулæг кодта йæ хъæбул, дурыссады дæр афтæ быгъдулæг кодта æмæ йæм уый та дæрддзæфæй каст. Каст æм къулбæрзæй æмæ æрттæдæлармæй. — Джиччи, хæстæг мæм цæуылнæ цæуыс? —дзуры йæм Хуыга. — Цæмæн мæм афтæ æрхæндæгæй кæсыс? /Ез дæ уындмæ тынг куы бæллыдтæн. — Ды мæм цæуылнæ цæуыс, хъæбул, хæстæг? — æр- хæндæг хъæлæсæй йæ фæрсы йæ мад. —Æз ноджы тынгдæр куы бæллыдтæн дæ уындмæ, уæд мæм цæуыл- нæ цæуыс хæстæг? — Мæнæн, Джиччи, мæ буар æмæ мæ дæлфæдтæ дурæфхæрдæй нырмæ дæр хъæдгæмттæ æмæ æрхæмтæ сты. Ацы дуртæ систы мæ хуыцау дæр æмæ мæ зæд дæр. Мæ буарæн æхсæв хуыссæн дæр æмæ боны дарæс дæр уыдон уыдысты, мæ’дæлфæдтæн уафсы бæсты дæр æмæ цъындайы бæсты дæр уыдон уыдысты. Ныр мын ам дæр уыдон сты æмæ мын ардыгæй ацæуæн никæдæм ис — Æмæ дын ам дæр æвдæрзынц, мæ хъæбул, дæ буар? — фæрсы йæ Саучызг. — Ам дæр ныхсынц дæ дæл- фæдты, мæ хъæбул? — Нæ, Джиччи, ам мын мæ буарыл дæр æмæ мæ дæлфæдтыл дæр узæлгæ кæнынц. Ам фæлмæн сты æмæ мын рæвдаугæ кæнынц мæ буар. — Уый уæзæджы фарн у, мæ хъæбул, æмæ дæ рех ма уæд... — О, æмæ мæм хæстæг рацу, Джиччи, — хаты йæм Хуыга. — Рацу мæм хæстæг. Æз уæзæджы фарны узæлд æмæ рæвдыд цух куыд уыдтæн, афтæ цух уыдтæн ма- ды рæвдыд æмæ,узæлдæй дæр. Рацу æмæ мæ ды дæр барæвдау. — Нæй мын гæнæн, мæ хъæбул, — йæхи бакъултæ кодта мад. — Уæзæджы хæрзиуæгæй ма мæнмæ цы дур асмбæлд, уый мын нал ис æмæ мын ныр дæ цурмæ ба- Цæуæн дæр нæй. Фæлтау хъæц уæзæджы фарны узæл- дыл. Уый мады узæлдæй æхцондæр æмæ æхсызгондæр У æмæ йыл макуы суæлæхох у. Мæнмæ ма нæ уæзæджы хайæ цы æмбæлд, уый мын нæ ныууагътай, æмæ дын æй æз барын. Мады зæрдæ уæддæр хъæбулмæ никуы хъæбæр кæны. Æгæрстæмæй йын йæ уæзæджы хайы Дур куы аппара, уæддæр. Уæзæджы фарн дын ахæмтæ нæ ныббардзæн, фæлæ йæм^ æргом здæхт у. Уæзæджы 21. Къæбысты 3. 321
фарн дæ цы дома, ууыл ын алы хатт дæр разы уу На_ уæд дын уый мады гæдзæ нæ ныккæндзæн... — Æмæ, уæдæ... — Хæрзбон, мæ хъæбул. Мæнæн цæуын афон у. Бон кæны æмæ мын нæй ам баззайæн... Нæй мын ныллæуд, æп. Ныр дæр æгæр сбон ис... — Хуыга, сбон ис æмæ ма сыст, сыст, — чидæр æр- бадзырдта Хуыгайы хъусы æмæ уый фестъæлфыд. йæ цæстытæ фегом кодта æмæ... ^Иæ уæлхъус кæд лæууыд Цуца, фæлæ йæ Хуыга ыæ базыдта. Уый нырма *фыны æнхъæлдта йæхи æмæ йæм Цуца фæзынд йæ мад Сау- чызджы хуызæн. Дзургæ дæр æм афтæ скодта... — Джиччи, уæдæ дæм уæзæгæй цы хай æмбæлд, уый дын аппæрстон, нæ? Æмæ мын æй ныббардзынæ, джиччи?—уыцы фæлмæмбæрзт цæстытæй каст Цуца- мæ æмæ йындзырдта лæгъстæгъуызæй. * — Фыны дæр дæ мæгуыр мадимæ ныхас кодтай, Хуы- га, дæ нывонд фæуон. Цыдæр утæхсæн кодтай æмæ дæ’, уымæн райхъал кодтон, — йæ сынтæджы чъилыл ын æр- бадт Цуца æмæ йын уый дæр комкоммæ каст йæ цæс-, тытæм. — Æмæ мын æй нæ ныххатыр кæндзынæ? — Цы дын ныххатыр кæнон, цы, дæ нывонд фæуон? — йæ цæсгом æм бахæстæгдæр кодта Цуца, кæд, зæгъгæ, йæхи æрæмбарид æмæ схицæн уаид йæ фыдфынтæй: — Æмæ ды чи дæ?—дызæрдыггъуызæй йæ афарста; Хуыга. — Ды мæ Джиччи куы нæ дæ, уæд чи дæ? Кæд дур дæ, уæд мæм хæстæг ма цу, науæд дæ мæ куыройыл æрысдзынæн æмæ дыл стæй, æмæ дын стæй де ’ссадьгл мæ бæгънæг ■ буарæй фæратул-батул кæндзынæн. Нæ дын фæхатыр кæндзынæн... — Ох, Хуыга. — хъарæггæнагау бакодта Цуца, — дæ зондæй, дæ хъуыдыйæ куыд нал хицæн кæнынц уьшьг æнæхайыры дуртæ... Хуыга Цуцайы цæстытæм бакаст. Исты сæ агуырдта, зæгъгæ, уый тыххæй нæ, фæлæ йæ цæстытæ искуыдæм хъуамæ касгаиккой æмæ нын уырдæм фемдзаст сты. Фем- дзаст ын сты Цуцайы цæстытæм. Уыдон уыдысты донæй йедзаг. Ие^заг нæ, фæлæ сæ былтæй калдысты æмæ ставд æртæхтæй тылд уыцы дон... Уыцы дон ставд æр- тæхтæй тылд Цуцайы хурсыгъд уадултыл. Æмæ уьшы с;удзæггаг цæссыгтæй бамæцъæл ис Хуыгайæн йæхи зæрдæ дæр. Бамæцъæл ын ис. Иу цъусдуг йæ зæрД^ паафтид ис, æдзух дзы ныхстæй чи лæууыд æмæ каеи 322
рисæй дудыдта, уыцы дуртæй. Иу цъусдуг йæ зæрдæ аззад, мæнæ йæ р-азы цæссыг калгæ чи лæууы, уыцы сылгоймаджы æвджид. Мæнæ йæ цæсты раз уæзæгуат чи кæны, уыцы уæзæджы æвджид. Иу цъусдуг йæ зæр- дæ аззад цардыл сагъæсты æвджид æмæ йын ныккæр- зыдта. Ныккæрзыдта йæ зæрдæ. Иæ цæсгом, йæ хус, хуыздзыд цæсгом йе ’рмтты нымбæхста æмæ сусæг куыдæй ныккуыдта. — Æрсабыр у, Хуыга, дæ нывонд фæуон, — йæ фæ- сонтæ йын йæ армæй дауы Цуца. —Адæмыл иууылдæр иу бон уыдис. Иугъуызон маст æмæ фыдæбон та адæм хъуамæ æмхуызонæй фæразой. Афтæ куы нæ уа, уæд адæм кæрæдзийæн знæгтæ фестдзысты... — Æмæ æнæуый дæр знæгтæ куы сты кæрæдзи- йæн, — йæ ныхас ын фескъуыдта Хуыга. — Уæдæ ма искуы исчи йæ хæлары, йæхиау мадыгуыбыны чи схъо- мыл, искуы ма исчи ахæм адæймаг-хæлары дурын кардæй æргæвста? Искуы ма исчи йæ хæлары дыууæ уæззау дуры ’хсæн афтæ бавæрдзæн, цæмæй йын ма- дæр стæлфæн уа, мадæр йæ риуы дзаг сулæфæн? Нæ, Цуца, адæм уæддæр знæгтæ сты кæрæдзийæн. — Хуыга, сыст æмæ дæхи сыгъдæг уæлдæфмæ аир- хæфс. Уазал донæй дæхи куы æрæхсай, уæд дын фен- цондæр уыдзæн. Уæд дæ зæрдæ æрсабыр уыдзæн æмæ дæ хъизæмæрттæ дæр, чи зоны, иу чысыл айрох кæ- най. — Стгæ скæндзынæн, Цуца. Мæхи дæр ныхсдзынæн. Уазал донæй мæхи ныхсдзынæн, фæлæ адæймаг цы фыдтæ бавзары, адæймагæн йе ’знæгтæ дуртæ куы свæййынц, уæд уыцы дурты къухæй цы хъизæмæрттæ бавзары адæймаг, уыдонæн уазал донæй нæй ныхсæн. Нæ сæ ласы дон. Адæймаджы уды афтæ ахъарынц, æмæ сæ дон нал фæласы. Нал сæм феххæссы. Уæдæ! Афтæ у... — Уæддæр афтæ хуыздæр уыдзæн, — загъта ма Цу- ца æмæ сыстад сынтæджы чъилæй. Æддæмæ рахызт, цæмæй Хуыга дæр сыста... Хуыга цыхцырмæ бацыд æмæ дзы йæхи дзæвгар фехсадта. Афтæ бирæ фехсадта йæхи, раст цыма йæ бавзаргæ хъизæмæртты, æцæг, донæн фæласын кæнын- мæ хъавыд. Цуца йæм каст æмæ хъуыды кодта: «Æ, йæ уæзæг Дзылыты уæзæджы уагмæ æрхауа, дæуæн, адæмæп фыдтæ чи бавзарьш кодта. Æ, йæ уæзæг, Дзылыты уæзæгау, иу æнæхицау сылгоймаг 323
æмæ иу зондцух лæппуйы æвджид баззайа, адæмæн сæ дзæбæх цард, сæ рухс бон чи баталынг æмæ сæнад кодта, уымæн. Ныр ма цы ныфсæй цæрон? Ныр ма цы ныфсæй ныфс æвæрон мæрдтæм уыцы мæгуыр лæг æмæ ме ’дзард хъæбулæн? Цы ныфсæй ма сæм бадзурон уы- цы дзæнæты бæстæм, ам уын уæ уæзæг уæзæгуат кæ- нын нæ бауадздзынæн, кæд ма Хуыга уæддæр бафта мæ къухты, уæд? Чи мын æрцæудзæн ай хуызæн цауд лæджы фæдыл Дзылыты уæзæг уазæгуат фæуынæй бахизынмæ? Æ, уас мах тæригъæдæй... Нæ, фæлæ цыма йын хатт фæрæвдздæр вæййы. Нæ, мæхи дæр рæвдз- дæр фæлæууын хъæуы ахæм рæстæджыты. Хъуыддаг- фæстæмæ æргъæвын нæ хъæуы. Мыййаг, рæстæг ивгъуыд- ырдæм куыкæ цæуы. Сомбонырдæм цæуы æмæ уый та адæймагæн йæ карæй, йе ’рдзон уавæртæй ка’йгæ кæ- ны. Адæймагæн абон саразæн цы ис, уый йын сом-иннæ- бон нал сырæздзæн. Æмæ хъæуы архайын, змæлын, дзу- рын. Кæм мæ лæгъстæ кæнын хъæудзен, кæм хыл, кæм тыхæй архайын дæр. Бæргæ дзы ницæуыл бацауæрд- у дзынæн, фæлæ... — Æ, дæ мад макуы амæла, фыдыуæзæг, — Хуыга йæхи дзæбæх куы фехсадта, уæд йаехи сраст кодта, айвæзта йе 'уæнггæ æмæ йæхиимæ дзурæгау кæны. — Æ, дæ мад макуы амæла, фыдыуæзæг, кæд дæ дон дæр, дæ уæлдæф дæр куыд адджын сты адæймаджы буарæн дæр æмæ йæ зæрдæйæн дæр... — Афтæ у, дæ нывонд фæуон, Хуыга, — фыдыуæ- зæджы кой кæй схауд Хуыгайы дзыхæй, уый æхсызгон ,■ уыд Цуцайæн æмæ йæм фæрæвдз ис дзурынмæ. — Афтæ’ у, Хуыга, дæ нывонд фæуон. Тыхджын æмæ ныфсджын у уæзæджы фарн, æрмæст уæзæг дæр хъуамæ уæзæджы’ хуызæн уа. Уæзæг дæр адæймагæн йæхи хуызæн у. Адæй- маг цас къаба’зджындæр уа, цас ын фылдæр уа ныф- сытæ, уыйбæрц йæхæдæг дæр тыхджын æмæ ныфс- джын у. Уæзæг дæр афтæ у. Ныр ма ахъуыды кæн, дæ нывонд фæуон, Хуыга. Ахъуыды ма кæн, мæнæ Дзы- лыты уæзæг цы хуызæн уыд. Æз дæр ма йæ фидар уæзæгæй æрæййæфтон. Æцæг, афтæ фидар дæр нал уыд, фæлæ йæ цæмæйдæрты ныфс уыд. Æмæ ма йæм ныр акæс. Мæ зæрдæ-йу куыд фæрыст, Дзылыты уæ- зæгыл-иу æрмæст иу хæдзарæй куы скалд райсом^фæз- дæг, иннæтæ та-иу, куырм лæгтау, хуыскъ ердотæй куы кастысты арвырдæм, уæд. Уый мын тынг зын уыд æмæ-иу арæх мæнæ дæ хæдзары дæр скодтон арт. Уадз 324
æмæ, зæгъын, уæзæджы фарн истæмæйты йæ хицæн ныфс æвæра. Уадз æмæ, зæгъын, уæзæджы фарнæн йæ зæрдæ цстæмæй райа. — Æмæ уый хорз у, Цуца. Адæймаг дæр æмæ уæ- зæг Дæр ныфсытæй цæрынц,; —дзурынмæ фæгæрз ис Хуыга дæр.. —Адæймаг дæр æмæ уæзæг дæр сæхицæк ныфс куы ницæмæйуал æвæрой, уæд сæ хъару дæр æмæ сæ фарн дæр сæтгæ кæнынц., — Фæлæ афтид ныфсытæ адæймаджы дæр æмæ уæ- зæджы дæр дард нæ ахæсдзысты, дæ нывонд фæуон, Хуыга, — хæстæгдæр æм балæууыд Цуца æмæ йын йæ къандзолы æгънæджытæ рæстытæ кæны. — Ныфс хъуа- мæ уа æцæгæй ныфс. Уый куынæ уа, уæд мæнг ныфсы- тæ хи æмæ уæзæджы сайæн митæ сты... — Уæддæр хъæуынц, Цуца, — йæ дзырд.ын фескъуыд- та Хуыга. — Æцæг ныфс куынæ’ уа, уæд мæнг ныфсæн дæр ницы у. Кæс ма-иу нæ уæзæгмæ. Æз æрвыл райсом дæр арт кæндзынæн нæ уæзæгыл алы хæдзары дæр. Алы хæдзарæй дæр дзы фæздæг кæлдзæн æрвыл рай- сом дæр æмæ ма-иу кæс, æндæра куыд цæрдгъуыз суа нæ уæзæг... — Мæнмæ та æндæр фæнд ис, Хуыга, — йæ мидбылты æфсæрмы худт бакодта Цуца. —Æндæр фæнд мæм ис, Хуыга, ’цæмæй нæ уæзæгæн уа æцæг ыыфсытæ, цæ- мæй нæ уæзæг уа æцæгæй цæрдхъом. — Æмæ кæд ахæмæй исты зоныс, уæд... — Зонын-Хуыга. 1 — Æмæ ма йæ зæгъ. — Зæгъдзынæн æй, æрмæст дæ рагацау фæдзæхсын: ацы уæзæгыл ныртæккæ æз дæн хисдæр. Мæ фыд-зæр- дæйы уæзæгыл сылыстæгæй хисдæр уæд. Мæ фыд-зæр- дæйы уæзæг сылгоймаджы бæрны баззайæд, фæлæ йæ рæстæг æрхаста æмæ дæ цы фæнды? О, æмæ нырма уæзæджы хисдæр æз дæн, стæй ды куы’ æрулæфай, куы æрæвналай уæзæджы хъуыддæгтæ кæнынмæ, уæд мæ уд дæ фæхъхъау фæуæд. Уæд дæм æз хъусдзынæн. Цы мын дзурай, уый кæндзынæн. Фæлæ мæм нырма та ды хъуа- мæ хъусай. Цы дын зæгъон, ууыл хъуамæ разы кæнай. Мæ ныхмæ ма хъуамæ лæууай. Разы дæ ахæм уавæрыл? — Иугæр уæзæджы хисдæр дæ, иугæр нæ уæзæг дæ бæрны ис, уæд мын цы æнæразы уæвæн ис? — йæ уæхс- чытæ фелхъывта Хуыга. — Гъе, æмæ, уæдæ, хорз. Бæргæ, нырма уазæгыл ны- мад дæ, фæлæ рæстæг афтæ домы æмæ дæ цы фæнды? 325
Æз дын хъуамæ комкоммæ зæгъон, нæ уæзæг цæмæй уæзæгæй баззайа, уый тыххæй æз æмæ дæу цы саразын хъæуы, уый. — Зæгъ мын æй, Цуца. Æз разы уыдзынæн демæ. — Иу чысыл куы аулæфай, уæд хъуамæ бакæнай бинонты кой. Хъуамæ æрхæссай ус, цæмæй дын рацæуа зæнæг. Сывæллæттæ. Уæзæджы фидæн сывæллæттæ сты... — Сывæллæттæ зæгъыс, Цуца? — йæ цæсгом фæтар ис Хуыгайæн. — О, Хуыга, сывæллæттæ, — фидарæй загъта Цу- ца. — Уыдон сты уæзæгæн йæ ныфс, йæ фидæн. Æнæ- сывæллон уæзæг хуыскъ кæны... — Нæ, Цуца, — йæ сæр банкъуыста Хуыга. — Сы- вæлдæттæ? Уый нæ уыдзæн. — Цæуылнæ, Хуыга? — уыцы тгрст æмæ йæ дис- гъуызæй афарста Цуца. — Сывæллæттæ тынг æгъатыр адæм сты. Стæй сыл- гоймæгтæ дæр. Нæлгоймагæн ницы у. Уый дæ куы ма- ра, уæд дæ амардзæн адæймаджы мардæй. Кæд, йæ кары чи бацыд, ахæм нæлгоймаг уа, уæд дæ амардзæн, фæтк куыд у, афтæ. Хъизæмар дын куы ’взарьпГ кæна, уæддæр æй хатыс, уый йæхæдæг иунæгæй кæй не ’рымы- сыд, фæлæ йæ хицæуттææмзондæйкæйбакуыстой, ахæм æгъдаумæ гæсгæ дын кæй хъизæмар кæны. Йæхæдæг æм ницы бафтаудзæн. Цас æмбæлы, уый ма, чи зоны, рогдæр фæкæна, фæлæ сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ! Уыдон æгъатырдзинадæн æмбал нæй. Дысон кастæ, цас фæдзырдтон, фæлæ уыдон кой ракæнын мæ бон нæ бацыдис. Хæсты чи уыд, уыдон æй фæхатыдысты. Афтæ куы загътон, зæгъын, фыдæлтæй фæстæмæ уыцы адæм сæ фæсивæды, хъомыл кæнынц афтæ, цæмæй адæйма- гæн тæригъæд кæнын ма зоной, цæмæй сæм адæймаг зына зæххыл иууыл æлгъагдæр сырды хуызæн. Æз тарстæн, зæгъын, мæ исчи куы афæрса, уæдæ уын уыцы уæззау фыдтæ куы æвзарын кодтой, уæд-иу сæ цуры сæ сывæллæттæ нæ уыдысты? Сымах хъизæмæрттæм кæсгæйæ сæ сывæллæтты нæ ахуыр кодтой, адæймагæн цахæм фыдтæ æвзарын кæиын хъæуы, цы цæстæй йæм ’ кæсын хъæуы, уыдæттыл? Тарстæн ахæод фарстæй. Æниу мæ иу хатт сæ кой ирвæзгæ дæр скодта, фæлæ сæ цæ- рæнбон бирæ уæд хæстон лæппутæн. Хæсты ахаст чи зыдта, уыдон мæ бамбæрстой æмæ мæ нæ бафарстой. 326
Иннæтæй та ахæм хъуыддаг’ йæ фæсонæрхæгмæ дæр нпкæмæн æрцыдаид. — Ау, цы^радзырдтай, уымæй ма уын сывæллæттæ, иауæд сылгоймæгтæ ноджы уæззаудæр фыдæбæттæ æв- зарын кодтой?—дисгъуызæй йæ афарста Цуца. — Радзуринаг ма дзы цы ис, уыдон, кæй радзырд- тон, уыдон цур сты, фыдфьтнты дæр лæг цы нæ фен- дзæн æмæ цы нæ бавзардзæн, ахæмтæ. Цы радзырдтон, уыдон сты, радзуринаг ма дзы цы ис, уыдонæн се ’хсæ- дæитæ. Мæнæу сыхырнайы куы сзилынц, уæд дзы мæ- нæуы сæрмæ, сыхырнайы тæккæ астæу цы цъæмæлтæ аззайы, ахæм цыдæртæ. Æз сæ тæрсгæ куынæ кæнин, сæ уындæй сын куыд тарстæн, сæ дзурынæй сын ноджы тьщгдæр тæрсын, науæд сæ куынæ тæрсин æмæ сæ мæ бон радзурын куы уаид, уæд ма сæ цы боыы хорзмæ æвæрин? Дысон сæ нæ радзырдтаин? — 0, сæ ныййарджытæ сæ быныл аззайой уыцы сы- вæллæттæн, — хъарæггæнæгау сдзырдта Цуца... — Сæ ныййарджытæ дæр-иу семæ уыдысты, — цыма дзы исты фæцæй рох кодта æмæ йын æйныййарджыты коймæ Цуца йæ зæрдыл æрлæууын кодта, уый хуызæн æхсызгонæй сдзырдта (Хуыга. — Уым-иу . уыдысты сæ’ мæдтæ дæр. Фылдæр иумæ арæзтой сæ цъаммар митæ. — Æмæ-иу уыцы налат сылгоймæгтæн, уыцы цъам- мар мæдтæн-иу сæ лæгтæ уым нæ уыдысты? Цæуылнæ сæ иргъæвтой? Цæмæн сæ уагътой адæймæгтæй хын- джылæг кæнын? — Уыдон дæр-иу уым уыдысты, фæлæ, куыд удхай- раджы мард дæр акодтаиккой адæймаджы, дурты цыргътæй йын йæ буар куыд арфдæр лыгтæ кодтаиккой æмæ сыл цæхх куы зæрстой, уæд адæймаг куыд богъ кодта, уымæ кæсынæй радысты, — пыррызт Хуыга. — Æмæ дзы ахæм хабæрттæ дæр уыд? — Уыдис дзы, — йæ къух æмæ йæ сæр иумæ батылдта Хуыга. — Фыццаг бонты уæлдайдæр. Иу бои уыцы налат сылгоймæгтæ æрбацыдысты (уый сæ фыццаг фæзынд уыд, æнхъæл дæн), сæхи зыбыты бæгънæг скодтой. Табу дæ фарнæн, фæлæ сæ сæ мæдтæ куыд ныййардтой, уыдо- нау фæуой, кæд сын мæрдты сты, уæд. Сбæгънæг код- той сæхи æмæ, нæ гæрæны иу къуымы цы тæрхæг арæзт уыд, уырдæм схызтысты. Иу дзæвгар рæстæг æнцад уы- дысты, стæй, æфсæст гадзатау кæрæдзи æууæрдын, кæ- рæдзи сæрты ратул-батул райдыдтой... — О, æмæ сæхи лæгтæй, сæхи адæмæй дæр не фсæр- 327
мы кодтой, дæлзæх ныххауой? — бадис кодта Цуца. — Кæрæдзиуыл сахуыр сты, кæрæдзийы^ аггаг уыдьь сты æмæ сæм худинаг худинаг нал каст... О æмæ ахаем митæ кодтой, цæмæй махæн, æнæхъæн афæдзгæйтты сылгоймаг дардмæ дæр чи нæ федта, уыдонæн сæ æн- къарæнтæ ныттынг уыдаиккой, æмæ дзы разындаид, сæ- хи кæуыл аирхæфсой, ахæм исчи. Æмæ дзы разынд. Иу æрыгон, уæйгуытæ конд æмæ тынг бакастджын лæппу- лæг йæхи нал баурæдта. Бацыд сæм хæстæг. Бакаст сæм/ æмæ дзы, йæхиау, æрыгон æмæ тынг рæсугъд чи уыд, ахæм равзæрста. Иæ къахыл ын ныххæцыд. Æрбаласта йæ йæхимæ æмæ йæ йæ цæнгты хсæн афтæ ныттыхта, афтæ, æмæ ма йын æй йæ хъæбысæй тыхæй скъахтон. Уæ- йыг лæг уыд уыцы лæппу æвæццæгæн, йæ мард фесæфа. - Æниу’ ын сæфгæ дæр куыд нæ фæкодта, фæлæ сылгой- ’ маджы афтæ тынг нылхъывта йæ риумæ æмæ ма уый цъæхахст кодта, фæлæ хъæр кæпын дæр пал уыд йæ бон. Уæд æм лæгтæ æмæ сывæллæттæ æрбалыгъдысты. Ис- дуг афæлвæрдтой, сылгоймаджы йын йæ къухтæй рато- ныпыл, фæлæ марадз зæгъ! Ие нгуылдз дæр ын нæ фæ- хицæн кодтой сылгоймаджы буарæй. Уæд иннæ устытæ’ цыдæртæ адзырдтой лæгтæн сæхи æвзагыл. Уыдон дыу- уæйы дæр тæрхæгмæ сæппæрстой. Лæппуйы бæндæнтæй ныббастой тæрхæгмæ, стæй лæгтæ ацыдысты. Мах сæм дæй кастыстæм, уый сын раздæр хъыг у’ыд. Уыцы иу лæ- [ тæн сæ бон саразын кæй ницы уыд, уый сæм хардзау æр- каст, æвæццæгæн, æмæ нæ иннæрдæм азилын кодтой иу- уылдæр, фæлæ лæппуйы куы ныббастой æмæ йæ сылгой- > мæгты æвджид куы ныууагътой, уæд та нæ тыхæй кæсын^ кодтой уыцы рдæм... Мах дæр кастыстæм æмæ... Æ, дуне- скæнæг! Цытæ йын кодтой, цытæ! Табу дæ фарнæн, чындз дæ æмæ мыл дæ цуры ахæм ныхæстæ не мбæлы, фæлæ ды дæр сылгоймаг дæ. Æгъатыр дæ ды дæр, сылгоймаг кæй дæ, уый тыххæй. Цалынмæ дын мæ зæгъинæгтæ иу- уылдæр зæгъон, цалынмæ дын саэ исты хуызы бамбарын кæнон, уæдмæ мæ нæ ныууадздзынæ, æмæ дын сæ уымæн дзурын. Лæппу уæлгоммæ хуыссыд, йæ хъæбысы кæй ныккод- та, уыцы чызг та йæ риуыл. Лæппу баст уыд æмæ йын фезмæлæн нæ уыд, фæлæ æвæццæгæн йæ нуæрттæ афтæ ныхъандзал сты фыртас æмæ сылгоймаджы бæгънæг (буары ад æнкъаргæйæ æмæ йæ кæд фæндыд йе суадзын, уæддæр цæнгтæ нал хæлдысты. Сылгоймæгтæ æмæ пын сывæллæттæ фыццаг йæ дзаумайы хæррæгътæ ныллыгтæ 328
кодтой кæрдтæ æмæ хæсгæрдтæй. Уый дæр йæ мадыард бæгънæг скодтой. Уый фæстæ йын иу дынджыр тъæпæн дур йæ къæхты ’хсæн бавæрдтой æмæ... Табу дæ фарнæн, фæлæ йыл лæппуйы буарæй сæм уæлдай цы фæкаст æмæ уыцы тъæпæн дурыл æнцондæр æрæвæрæн цы уыд, уы- дон ыл æрæвæрдтой, стæп кæцæйдæр фæйнæ’ дзæбуджы фелвæстой. Рæгъæй алæууыдысты æмæ зылдысты уыцы тæригъæддæгты алыварс (Сылгоймаг дæр уыцы рæстæ- джы ахæм тæригъæддаг зынд æмæ мæнæн дыууæйыл дæр мæ зæрдæ æмхуызон рыст). Зылдысты æмæ цавтой, лæппуйы буарæй дурыл æвæрд цы уыд, уыдон. Афтæ æгъатырæй сæ цавтой, афтæ, æмæ лæппуйæн ’йæ богъ-бо- гъæй бæстæ йæхæдæг рызт, йæхæдæг куыдта. Фæлæ уæд- дæр чызджы не суагъта. Сылгоймæгтæн æмæ сывæллæт- тæн та дуры уæлæ цæвинаг куы ницыуал баззад, уæд ап- пæрстой сæ дзæбугты. Æнæхъуаджы сæ цы хостаиккой. афтид дурыл? Ныр та кæрдтæ райстой æмæ иууыл лыс- тæгдæр онггай райдыдтой лыгтæ кæнып лæппуйæн йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ. Лыг ын сæ кодтой ’æмæ сæ бы- нæй иу дыпджыр тъæпæнæгмæ калдтой... — Æмæ ма уыдон та уырдæм цæмæ æмбырд кодтой,. тæригъæддаджы бон сыл æркæна? — бахъынцъым кодта Цуца. Цыма сæйраг хабар, зæрдæ цæмæй риссы, ахæм хабар, лæджы онггай кæй лыгтæ кодтой, уый нæу, фæлæ йын йæ кæрдихты тъæпæнæгмæ кæй калдтой, уый у. — Куы загътон, дысон, адæймаджы сойæ уыцы дурты сæрстой æмæ, кæй мардтой, науæд сæхигъæдæй чи мард, уыдонæй ну кæрдих дæр дзæгъæлы не ’ппæрстой... Аф- тæмæй сыфтыдтой сылгоймаджы лæппуны цæнгты ’хсæ- нæй. Æниу ыл уый барæй дæр нал хæцыд. Цæнгтæ сæ- хæдæг цы ныхъхъандзал сты, æндæр ыл барæй. нал хæ- цыд. Налдæр хъæр кодта. Цалынмæ мæ’лгæ нæ акодта, уæдмæ дæр йæ зонд раджы фесæфта. Ницыуал æнкъард- та, æвæццæгæн, æмæ æнцад хуыссыд. Афтæ æнцад, афтæ æвæлмонгъуызæй хуыссыд, раст ын цыма йæ буар онг- гай нæ лыгтæ кæнынц, фæлæ йæ хъарм донæй найынц... Уæдæ! Æмæ уый фæстæ цас фыдмитæ фенын кодтой уы- цы æгъатыр сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ нæ цæстæн! Хъуыды сæ кæцæй кодтой, сæ хуыздæртæ фæмæлой! Стæй алы хатт дæр сæ амæттагæн кæд æвзæрстой, иууыл фидардæр, иууыл тыхджындæр чи уыд, ахæм адæймæг-" ты... Æмæ уый фæрцы мæныл сæ цæст никуы æрæвæрд- той уыцы æгъатыр дур-куыйтæ. Æниу сæ мæхи хизгæ нæ кодтон. Барæй дæр-иу мæхи ластон сæ цæсты размæ. 329
Ацы фыдæбоны бæсты, зæгъын, уадз хъизæмары мардæп амæлон. Уыдон-иу иудзæвгар фæбогъ-богъ кодтой. Сæ амæттаг-иу чи фæцпс, уый-иу исдуг фæцъæхахстытæ код- та, стæй-иу йæ зонд фесæфта æмæ-иу ахæм æнцад хуыс- сыд, ахæм, раст цыма махæн дзырдта, кæсут цы амонд- джын раны фæдæн. Сымах та нырма цас фыдтæ бавза- рын хъæуы, уый чи зоны. Æмæ-иу сæм æз хæлæг кодтон, фæлæ... Мæ цауд æнгас сæ зæрдæмæ нæ цыд, æвæццæ- гæн... — Æ, сæ адджындæрты фыдтæ бахæрой уыцы æгъа- тыр сылтæ, — ныдздзынæзта Цуца. — О, æмæ сæхицæн кæнæ æфсымæртæ, кæнæ фыдтæ, æмкъæйттæ нæ уыд? Куыд сæ цæст уарзта адæймагæн ахæм митæ кæнын? — Алцы дæр сын уыд, фæлæ уын дысон куы загъ- тон, адæймагыл æрмæст сæхи нымадтой. Æндæр, дам, зæххыл адæймаг нæ уыд. Иннæтæ, дам, хуымæтæджы цæрæгойтæ сты æмæ сæ хуыцау адæмы хуызы уымæн сфæлдыста, цæмæй, дам, махæн лæггад кæной, мах та,_ дам, .сыл нæ зæрдæты дзæбæхæн нæхи ирхæфсæм.^ Уæдæ! Æмæ мын ды та ус-курын кæныс. Ды та мын сывæллæтты кой кæныс, — уыцы тызмæгæй йæм бакаст. Цыма стыр азымджын фæцис йæ разы, ахæм цæстæй йæм бакаст. — О æмæ, уæдæ, цы бакæнæм, цы? — уыцы æрхæн- дæгæй бахъынцъым кодта Цуца. — Кæйдæр тасæй нæ уæзæг уæзæгуат фæкæнæм? Æмæ мын дæ мæгуыр æф- сымæр фæстæмæ дæр уый куы фæдзæхста, уæд ын цы зæгъон мæрдты бæстæм? Цы йын зæгъдзынæн, искуы йæм куы бацæуон, уæд? — ахæм ныхæстæй басæттынмæ хъавыд Хуыгайы, фæлæ уый къæрттæй, цъулайæ ницы æппæрста. Иу рæстæджы та йын (уый фæстæдæр уыд) афтæ бафæрæзта: мæнæн, дам, ус курыны бæсты дæхи- цæн ардæм лæг æркæн æмæ, дам, афтæмæй сæндидзын кæн уæзæг. — Æмæ уыцы лæгæн йæхицæн уæзæг нæ уыдзæн? — фæхъæр ыл кодта Цуца. Фыццаг хатт æм уæд сдзырдта тызмæг. — Уыцы лæг йæхи уæзæг уæзæгуат фæкæнын æмæ кæйдæр уæзæг сæндидзын кæныныл сразыуыдзæн? — Æмæ, уæдæ, искæй сылыстæг ныууадздзæн йæ уæзæг? — уыцы æнæрхъуыды фарст æй акодта Хуыга дæр. — Сылгоймагæн йæ уæзæг вæййы, чындзы кæдæм æрцæуы, цот кæм рауадзы, уым. Йæ цæгаты уæзæгмæ сылгоймаг ницы бар дары... 330
— Уæдæ, уыцы хъуыддаджы мæнæн мæ дзул лæвæрд у, — йæ къух ауыгъта Хуыга æмæ сындæг къахдзæф- тæй, цыма йын алидзынæй тæрсы, уыйау йæ къахы æлгътыл уыцы сындæг араст, уæдæй нырмæ йæм кæрты иу къуымæй йæ мидбылты мæстæймарæджы худт чи кæны, йæхи йæм алы хуызты чи æвдисы æмæ йæм æрд- хъирæн дæр чи кæны, уыцы дурмæ. Араст æм ис æмæ йæ цурмæ куы бахæццæ ис, уæд æм лыстæг ныккаст. Дзæвгар æм фæкаст, стæй разылд Цуцамæ. Разылд æмæ йæм радзырдта. Радзырдта йæм,. Цуцамæ хын- джылæг æнгас чи фæкаст, ахæм дзырдæй, фæлæ йæ хъæлæсыуаджы хынджылæджы равг нæ тæлфыд æмæ уымæй йæ зæрдæ ноджы тынгдæр фæрыст. Фæрыст йæ зæрдæ æмæ йæм æрттæдæлармæй бацыд хæстæг. Бацыд æм æмæ йæм йеудодойгæнæджы хъæлæсæй ба- дзырдта: — Хуыга, ацы дуры æз ам æрæййæфтон, дæ мæгуыр мад афтæ, æз дæр, дам, æй ам æрæййæфтон... — Æмæ кæд хорз у, уæд уæм цæмæн уыд йæ кой? — йæ ныхас ын фескъуыдта Хуыга. — Кæд æм ницы фы- даудæнæй фехсайдта уæ зæрдæ, уæд уæм цæмæн уыдис йæ кой? .\ — Цы фыдаудæн саразын у йæ бон ацы мæгуыр дурæн? — йæ къахæй йæ мæсты къуырд скодта Цуца. — Исты саразын, исты знаггад ракæнын йæ бон куы уаид, уæд нырмæ цæуылнæ искæмæн разиан кодта? Йæ кой та нæм уымæн æрхауд, æмæ дæ мæгуыр мад комæй уыцы дур куы ласын кодта... — Кæцы дур сласын кодта комæй?—дисгъуызæй йæ афарста Хуыга. — Иæ ингæныл сагъд чи уыд æмæ ды кæй атылдтай, уый. — Æмæ уæм ацы дуры кой та цы уыд? — Уыцы Дуры кой куы кодта, уæд ын æз загътон, зæгъын, мæнæ ацы дур дæр æвзæр куынæ у. Уый, дам, æз ам æрæййæфтон. Кæцæй æрцыд, уый, дам, нæ зонын. Уæдта, дам, ацы уæзæгæн цавæр ф’арны дур у. Æз, дам, æй мæхицæн цыртагæн куыд хъуамæ æррæвдауон. О æмæ... — О, фæлæ ныр мæнмæ æрдхъирæнтæ кæны ацы дур æмæ мæм цалынмæ йæхæдæг нæ фæразæй ис, уæд- мæ йæ хъуамæ ардыгæй фесафон... — Æ, йæ уæзæг дурæппарæн фæуа адæмы тæригъæ- дæй, — хъарæггæнæгау бакодта Цуца.— Æ, йæ уæзæ- 331
джы уынгтæ æмæ къахвæндæгтыл лæджирттæг æрзайа адæмы тæригъæдæй, адæмæн сæ цард чи сзыгъуыммæты кодта, уымæн, — скуыдта Цуца æмæ лидзæгау акодта сæхимæ. Иæ бон нал уыд Хуыгайы митæм кæсын, йæ ныхæстæм хъусын æмæ лидзæгау акодта сæхимæ... * * * Цуцайы æппындæр ницыуал ныфс уыд æмæ йæ æн- давгæ дæр ницыуал кодта. Йæ уд æмæ йæ зæрдæ уыцы дзæбæх ивадæг уыдысты æмæ сыл ницыуал уæз кодта. Æвæццæгæн, адæм афтæ куы фæзæгъынц, ныфсытæй, ныфсæй цæрын хъæуы, зæгъгæ, адæймаг ныфсæй цæрьг, зæгъгæ, уæд сæ зæрдыл фæдарынц, зæххыл ныфсæй стырдæр тых кæй нæй, уый. Адæймагмæ цалынмæ ныфс уа, цалынмæ истæмæй ныфс æвæра, уæдмæ удæгас у. Афтæ удæгас у æмæ йæ бон хъуыды кæнын дæр у, мæт кæнын дæр, аразын дæр æмæ халын дæр. Уæдмæ йæ истæй æмæ искæй æфсæрм ис, уæдмæ йыл искæй æмæ исты йæ къахыл слæууын кæныны хæс ис. Уæдмæ ал- кæй раз дæр æмæ алцæй раз дæр йæхи хæсджыныл нымайы. Стæй йæ ныфс бынтон куы асæтты, уæд æй| æппындæр ницыуал фендавы æмæ йæ уд, йæ зæрдæ равдæлон вæййынц мæтæй дæр æмæ сагъæсæй дæр. Æмæ уæд йæхи банкъары зæххыл иууыл амондджын- дæр. Афтæ йæм фæкæсы, цыма алкæй æмæ алцæй тьгх-' хæй дæр йæ хæс бафыста, алкæй æмæ алцæй раз дæр нæ цæсгом хæрзæхсад ныккодта æмæ йыл ницыуал уæз ис. Ныр æвдæлон у æмæ ма кæд маст ’фæкæны, кæд ма кæугæ фæкæны, уæддæр фырцинæй. Йæ уд æмæ йæ зæрдæ кæй равдæлон сты, уый цинæй. Иæ уд æмæ йæ зæрдæйæ цы равгæдта, цæмæй йын равдæлон сты, уый искæмæн кæиæ истæмæн фæахъаз ис, йæ уд æмæ йæ зæрдæйыл кæй мæты уæз æпцад, ууыл иу чысыл цардырдæм схæцыд æви нæ, уый мæт дæр æй нал вæййы æмæ цыма цин фæкæны, цыма йьгл стьгр æхсызгон хабар æрцæуы, уыйау йæ уд æрæнцайы, йæ зæрдæ па- рахатæй сулæфы. Ахæм уавæрьг уьгд Цуца дæр. Сылгоймаг æмæ сы- вæЛлон цардьг бьгндур сты. Уыдонæй фидауьг цард. Уы- донæй æфтауьг цард æфсир æмæ уыдонæй тæрсгæ чи кæны, уыдонæй йе сæфт чи уыньг, дуртæ æрдхъирæн 332
кæмæ кæнынц æмæ уыдон кæртытæй фесафынæй стыр- дæр бæллиц æмæ хъуыддаг кæмæн нал ис, уымæй ма Цуца цы ныфс хъуамæ авæра? Ницы ныфс дзы авæр- дзæн. Нырмæ йæм дардмæ æнхъæлмæ каст, нырмæ дзы дардмæ æвæрдта ныфс. Æмæ йын уæд æнцондæр цæрæн уыд. Уæд йæ уды уаргъ уæззаудæр уыд. Кæд- дæр æй уæхскуæзæй æнцайын кæй хъæудзæн уæзæг сæндидзын кæныныл, уый зыдта æмæ йын дардæй хæс- тæгмæ йæ уæз хатыдта. Тынг уæззау кæй у, уый æн- къардта, фæлæ уæддæр уыцы уæз йæ удæн æхцондзи- над лæвæрдта æмæ йын цæрын æнцон уыд. Ныр æм зэрцыд. Ныр дзы дардæй хæстæгмæ нал æвæрдта ныфс. Ныр йæ цуры уыд æмæ ма уæддæр цæуылдæрты йæ зæрдæ дардта. цыдæр ныфсытæ ма уыд йæ уды, фæлæ йын сындæггай батадысты. Æмæ ныр Хуыгамæ дуртæ æрдхъирæнтæ кæнын куы райдыдто’й æмæ уыдон уынг- тæ æмæ кæртытæй сафынæй стырдæр хæс куы (ницы уыны йæ уæзæджы раз, уæд ма дзы Цуца цы ныфс хъуа- цæ авæра?... Æмæ дын йæ уд, æмæ дын йæ зæрдæ уыцы æвиппайды авдæлон сты. Ницыуал уæз æнцад йæ зæр- дæ æмæ йæ удыл. Æмæ уыцы рæуæг ссис. гъе, йæ буар дæр. Уыцы рæуæгæн æй скъæфтой йæ зæнгтæ æмæ лыгъдис сæхимæ. Лыгъдис, цæмæй ма йæ зæрдæйы цы чысыл уæз ис, уый цæссыгимæ ралæмара æддæмæ æмæ бынтондæр райвадæг уа... Сынтæджы дæлгоммæ куы ныххауд æмæ уыцы дзæ- бæх куы лæмæрста йæ зæрдæйы маст-уæз йæ цæссыг- тимæ, уæд æм æртæйæ фæзындысты. Йæ уæлхъус æр- балæууыд æртæ æндæрг-адæймаджы. Иу дзы уайтагъд йæ сынтæгмæ сбырыд. Иу дзы ницы уадиссаг мæт домд- та. Иæ уæзæг дæр æмæ йæ хæдзар дæр уыд иу сы- джыты мур. Æндæр цардæй дæр æмæ йæ уæзæгæй дæр ницы домдта. Ницы дæр дзы сæхæдæг домдтой цард æмæ уæзæг. Æмæ уыцы дзæбæх сбырыд Цуцайы сын- тæгмæ. Бабырыд йæ дæллагхъуыр æмæ йын уырдыгæй йæ уазал буарæй хъарм кодта йæ зæрдæ. Иннæтæн фылдæр домæг уыдысты сæ ахаст дæр æмæ сæ цæстæнгас дæр. Иннæтæ йæм дæрддзæфæй кастысты. Дæрддзæфæй йын ыыхылдтой ипнæтæ йæ зæрдæмæ дæр æмæ йæ удмæ дæр... «Æмæ дæ цард иууылдæр хæстыты фыдæи луртыл куы цыд, уæд сæм ныр цавæр хæрам зæрдæ бадард- тай? — фæрсы йæ сæ иу нæлгоймаджы зонгæ хъæлæсæй. — Зæгъ-ма, дуртæй дарддæр дын искуы хицон æмæ хæс- 333
тæг кæй уыд, уый исчи зоны?» — ныууырдыг æм ис уыцьг хъæлæс. — Уыдон та дын цыхуызæн ныхæстæ сты? — нæ- йæ бамбæрста Цуца. Иæ зæрдæ æмæ йæ зонд афтид уыдысты æмæ йæ нæ бамбæрста. «Кæцæй райдыдта дæ цард? Цыранæй дæ базыдтой адæм?» — нæ уисæн кæны уыцы хъæлæс æмæ Цуцайæн йæ зæрдæйæ æддæмæ ивьщынц, адæмæй цы фехъуыста, уыцы ныхæстæ. — Кæддæр хæдзар кæм уыд, уыцы бынаты, дам, дур- ты пырхæнтыл хылдтæн салд æмæ æргъæвстæй... «Кæсыс, дуртæ. Уыдонæй райдыдта дæуæн дæ цард, — бацин кодта уыцы хъæлæс. Цуцайæн йæ зæрдæ бынтон кæй нæ равдæлон, цыдæртæ м-а дзы кæй аззад, уый фæхатыдта æмæ бацин ’ кодта. — Кæсыс, уыцы хæст дын дæ алывæрстæ бахсæста æмæ дæ дуртыл ныу- уагъта. Цы дын æрхаста ацы хæст та?» — цæхгæр та йæ бафарста уыцы хъæлæс. — Ацы хæст дæр мын мæ алывæрстæ бахсæста æмæ мын мæ зæрдæ æмæ мæ бæллицтыл дурты цæнд ныф- фæлдæхта. «Æмæ ма, уæдæ, кæмæй цы домыс? Алы ран дæр дуртæй куы райдайы хæсты фæстæ дæ цард, уæд ма кæмæй цы домыс?» — ноджы йæм тынгдæр ныууырдыг ис уыцы хъæлæс. — Уым мæ иу лæг ссардта, йæ кæрцы мæ стыхта æмæ... «Иу лæг нæ уыд уый, — йæ дзырд ын фескъуыдта уыцы хъæлæс. — Уый иу лæг нæ уыд. Уый адæм уыдис. Адæм дæ рахастой æмæ дæ адæмы къухмæ радтой. Адæм дын бацамыдтой дæ дарддæры цардвæндаг...» — Уæд мæхæдæг ницы аразынхъом уыдтæн æмæ мыл адæмы бар цыд. Сæ бон мæ ракæнын уыд адæмы рæгъы æмæ... «Æмæ ныр, дæумæ гæсгæйæ, адæм адæм нал сты?..» — Ам мæхæдæг куыд æдых дæн дурты ныхмæ, адæм æмткæй афтæ æдых сты. Ницы мын баххуыс кæндзыс- ты... «Адæймаг адæмы ныфсæй куынæуал цæра, адæймаг йæ иууыл стырдæр ныфсыл адæмы куынæуал нымайа, уæд уыцы ран вæййы йæ царды кæрон. Уым фæвæййы йæ цард, æмæ ма удæгас куы вæййы, уæддæр уый цæргæ нал фæкæны. Мæрдтæй ма фæхицæн кæны æрмæстдæр, хур ыл кæй кæсы уыдон хъауджы, уымæй. Æндæр ницæмæй». 334
— Æмæ уæдæ ныр æз цы саразон? «Дæ маст дæр æмæ дæ цин дæр хъуамæ хæссай, адæмы рæгъмæ... Æрхъуыды ма кæн Хуыгайы æрыз- дæхæн бон. Цалынмæ æрулæфыд æмæ йæ уый фæстæ адæмы хæлар цæстæнгас, адæмы иумиаг рæвдауæг ны- хас барæвдыдта, уæдмæ йын иунæгæй цæуылнæ ба- фæрæзтай йæ зæрдæмæ ныккæсын?..» «Цуца, æз ацы хабæрттæ зæрдæйæ зонгæ кодтон^ æмæ дæ адæмæй уымæн куы иргъæвтон, — уый та йæм сылгоймаджы хъæлæс дзуры. — Æз дæ уымæн куы. хызтон адæмы æхсæнмæ аирвæзынæй, цæмæй иунæгæй тыхджын уæвыныл сахуыр уай, æмæ мæ бæлццон хæ- дзарыл куы сæмбæла, уæд ыл схæцынхъом уай иунæ- гæй дæр. Æмæ дæхæдæг деттæ схæцинаг куы фæдæ...» — Иумæ мæм кæм цыдыстут, уым уæ дзырд, уæ хъуыды цæуылнæ сиу кодтат? — уайдзæфтæ .сын кæ- ны Цуца. «Æмæ цы не сиу кодтам? — фæцырд æм ис нæлгой- маджы хъæлæс. — Цы нын аззад уаринагæй?» — Уæ иу мæ адæмы ’хсæнмæ хоны, иннæ мæ адæ- мæй иргъæвы. «Дыууæ дæр иу ранмæ цæуынц, фæлæ сыл дзæбæх ахъуыды кæн, — афæдзæхстой йæ æмхъæлæсæй. —Æры- мыс ма, нæ дыууæ дæр дын цы аргъæуттæ ракодтам, уыдон», — афæдзæхстой ма йæ ноджыдæр æмæ... Гыццыл лæппу не ’мбæрста йе ’мбæлццæтты зæр- дæйы рис. Нæ йæм хъардта, уыдон цы ’ндавы æмæ сæ ныртæккæ ардæм цы ’рбахаста, уый. Уымæн йæ гыццыл сыджыты гæппæл уыд йæ хæдзар дæр æмæ йæ уæзæг дæр. Ницы тас ын уыд. Уыцы сыджыты гæппæл æм никуы ницæмæй бардхъирæн кодта. Никуы йын уыд тас ’уæзæгуат кæнæ хæдзаруат фæуынæй æмæ йын ни- цæмæй тарст, ницыдæр æй æндавгæ кодта. Уый дардæй хæстæгмæ, уымы бæстæй амы бæстæм æндæрджы хуы- зы кæмæ цыд, уыцы мадæн бадт йæ дæллагхъуыр æмæ иын йæ зæрдæ хъарм кодта йæ мæрдон уазал æн- дæрг-буарæй... I Цуца кæугæ куыд лыгъд сæхимæ, уый Лексо федта. Фæсхъæумæ йæ бæх аласта. Уым æй бабаста æмæ йæ- хæдæг хæдзармæ раздæхт. Хæстæгдæр фæндаг ын уыд, 335
фæлæ барæй дарддæр фæндагыл рацыд. Иæхи ууылты расайдта æмæ йæхи раз йæхи сраст кæныны тыххæй дзырдта йæ мид-зæрды: «Адæймаг иугæр хæдзармæ куы бафты, уæд ыл хæ- дзары къуымтæ сæхимæ æрхæцынц. Зивæджы рæтæнтæй йын йæ уæнгтæ ныббæттынц æмæ йæ æддæмæ ахизын, хъæуы уынгтыл, уæзгуытыл æй йæ цæст ахæссынмæ дæр иал рауадзынц. Æз та фæнды цыбыр фæндагыл зцæуон, фæнды даргъ, уæддæр мæ мæ кæртмæ æркæн- дзæн. Мæнæн та сæ иу дæр мæхи у æмæ иннæ дæр. Мæ къæхтæ мæ кæуылты хæссой, ууылты ацæудзынæн». — Æмæ хъæуы уынгты цыд. Йæ цæст хаста, йæ хæдзар, йæ кæрт, йæ уæзæг кæмæн цы уавæры ис, уымæ. Рагæй нал разылд афтæ хъæуы уынгты, æмæ дзы уыцы рæс- тæджы цы ивындзинæдтæ æрцыд, уый хъуамæ фена... Æмæ дзы йæ зæрдæ ницæмæйдæр иттæг’ тынг барухс, ницæмæй дæр ын рисгæ фæкодта... Цалынмæ Дзылыты сыхмæ æрбахæццæ ис, уæдмæ. Фæлæ ам Цуцайы Хуы- гаты кæртæй кæугæйæ ралидзгæ куы федта, уæд йæ зæрдæ бамæгуыр. Р1æ рынчын зæрдæ фæрыст. Хъуамæ йæ фæдыл ацыдаид, фæлæ нæ ацыд. Иæ рынчын зæр- дæ, мыййаг, куынæ суа, Цуцайы зæрдæйы маст иу чысыл уæддæр фæсæттыны фаг. Мыййаг ын йæ.лæмæгъ зæрдæйæн ноджы масты хос куы фæуа. Ахъавыд Хуыга- мæ балæбурынмæ, фæлæ уыцы хъуыдьг дæр аивта. Аив- та йæ рæстæгмæ. Уымæ æнæмæнг бацæудзæн, фæлæ уал йæхи чысыл барæвдз кæна. Улæфгæ дæр’ бакæндзæн æмæ Госæйы дæр истæмæйты афæрсдзæн. Раздæр афтæ нæ уыд Лексо. Исты.хъуыддаг-иу ын аразинаг куы уыд, уæд-иу раздæр йæхиимæ фæныхас кодта. Йæхи-иу фæ- фарста истæмæйты. Æххуыс никуы никæмæй агуырдта, кæд-иу æгæр зын лыггæнæн нæ разынд йæ хъуыддаг, уæд. Уарзта хибарæй хъуыды кæнын. Хъуыды та крдта алы хатт дæр: хæргæ-хæрын дæр æмæ кусгæйæ дæр, цæугæ-цæуын æмæ иуран бадгæйæ дæр. Æхсызгон ын уыд, исты хъуыддагыл-иу йæхйимæ зæрдиаг ныхас куы кодта, уæд. Ныр афтæ нал у. Ныр цыдæр фæивта йæ зæр- цæйы равджы. Ныр иунæгæй нал фæныхас кæны ’йæ- хиимæ. Ныр алы хатт дæр ныхас кæнынæн бацагуры æмбал. Фылдæр та ныхас кæны Госæимæ... Æмæ та ныр дæр. — Уыцы ус дывыдоны арты судзы æмæ йын цы ба- чындæуа? — куыч ’рцыд æмæ иу чысыл куы аулæфыд, уæд афтæ бакодта ницы-мацæмæйты. 336
— Кæцы усæй зæгъыс, кæ? — нæ йæ бамбæрста Го- сæ. — Цуцайæ зæгъын... — Æмæ цы кодта? — Уыцы æлгъыстаджы уæзæджы мæт ын йæ зæрдæ æмæ йæ уд баууылдта, — тынг мæстыйæ загъта Лексо ацы дзырдтæ. Фæлæ йын йæ зæрдæйы маст иу чысыл фæрогдæр кæныны фаг не скуымдтой æмæ ма сæм баф- тыдта. Агурын ын кæй нæ хъуыд, фæлæ рагæй дæр цæттæ чи уыд, ахæм ныхæстæ ма сæм бафтыдта: — къæ- бæда рæуæд фыййауы хызын куыд баууилы, афтæ йын баууылдта уыцы сыгъдыйы уæзæджы мæт йæ зæрдæ... — 0, æмæ йыл уый дæр цы йæхи хæры? — Цуцайы бæсты Лексойыл сбуцтæ кодта Госæ. Йæхæдæг дæр уы- ны, зоны уыцы хъуыддаг æмæ Цуцайæн йæхиуыл сбуц- тæ кæнын йæ цæст никуы бауарзта. Фæндгæ йæ кодта бирæ хæттыты, фæлæ-иу Цуца ахæм зæрдæсаст, уды хъизæмаримæ райдыдта уыцы уæзæджы кой кæнын, йæ мæгуыр сæрыхицау ын æй куыд фæдзæхста æмæ уыцы фæдзæхст басæттын йæ бон куыд нæу, фæлæ йын йæ баххæст кæнынæн дæр ницы амал ары, уыдæтты тыххæй-иу ахæм судзæггаг цæссыг калгæйæ дзырдта, æмæ йын Госæйы бон бауайдзæф кæнын никуыбацис. Уыцы уайдзæфтæ та йæ зæрдæйы ныссагъдысты æмæ йын никуыдæм куымдтой. Хъуамæ сæ уыцы уæзæджы тыххæй бахардз кæна., Хъуамæ сæ Цуцайыл ныккала. \Фæлæ-иу ын Цуца йæ хъизæмайраг уавæрæй йæ уай- дзæфты рацæуæн ныхгæдта. Æмæ йын ныр фæцис фадат. Фадат ын фæцис æмæ сæ Лексоны хай фæкодта: — пы федта уыцы уæзæгæй? Цы йæ ныхбынтæ æмæ йæ зæр- дæйы рæбынтæ хæры уыцы, æлгъыстаджы уæзæджы тыххæй? Сылон сæрæй йын цы бакæнын йæ зæрды ис? — Нæ, Госæ, ды ам раст нæ дæ, — йæ уайдзæфтыл ын сындæггай ахæцыд Лексо иуæрдæм. Лексо æмбары Госæйы зæрдæйы уаг. Уымæн дæр риссы йæ зæрдæ Цуцайы тыххæй æмæ уыцы уайдзæфтæ Цуцайæн йæхи- уыл уымæн никуы бакалдта. Уымæн дæр æнцон нæу, йе ^мсылыстæг ;уæзæджы фарны æргъомы баст кæй æрцыд æмæ йын дзы йæхи сыхалæн, йæхи суæгъдгæнæн кæй нал ис, уый. Æмæ йын уый тыххæй арæхстга;й ахæцыд иуæрдæм йæ .уайдзæфтыл. — Адæймаг ацы бæ- стæм куы фæзыны, Госæ, уæд ын дунейы фарн цыдæр хæстæ бакæны. Йæ бæрны йын цыдæр бакæны æмæ уыцы хæсæн æнæ бафидгæ нæй. Æнæ сæххæст ын нæй. 22. Къæбысты 3. 337
Махæй иу дæр уыцы бæрндзинад йе ’уæхскæй куы ап- пара, куы нæ сæххæст кæна уыцы хæс, уæд уымæй фæ- къахыр кæндзæн царды æнæхъæн буар. Æмæ уыцы былкъахыр та уый фæстæ нал байгас уыдзæн. Куы ма байгас уа, уæд та у’ый тыххæй исчитæ, иу нæ, фæлæ бирæ исчитæ сæ сæртæ нывондæн æрхæссой хъуамæ. Адæймаг уый тыххæй нæ цæры, Госæ, цæмæй æрмæст- дæр дзул хæра, нуаза амæй-ай хуыздæр суадæтты дои, улæфа ^сыгъдæг уæлдæф. Адæймаг æрмæст уыдæтты тыххæп нæ цæры. Адæймаг уыдон дæр уый тыххæй кæны, цæмæй искуы зæххыл тынгдæр нынцайа йæ- зонд, йæ хъару, йæ тыхы къахæй æмæ дзы хъуыддæгты арфдæр фæд ныууадза, цæмæй-иу уый фæстæ, цæмæй уыцы адæймаг искуы адунейæ куы ахицæн уа, уæд æндæр адæймæгтæ цæуой уыцы фæдьи цурты; уыной йæ, æмæ йæ чи ныууагъта, уыцы ’фæд чи ныууагъта, уып пом-иу æрымысой. Адæймагæн уæлæуыл дæр æмæ мæрдты дæр фылдæр йæ кой цæры. Цалынмæ адæймагæн адæм йæ фæсфæдæй (фылдæр йæ фæсфæдæй) йæ кой кæной, уæдмæ цæрдзæн, уæдмæ-йæ адæм уындзысты, сæ цуры уа ^ æви уырдыгæй дарддæр искуы, уæлæуыл уа æви мæрдты, -уæддæр æй уындзысты. Кæддæр сæ цуры куыд уыдис, ахæм хуызы йæ уындзыстыæмæ йын йæ дард- дзинад, стæй мард у æви удæгас, уый дæр ниц^емæ дардзысты. . Рох сæ нæ уыдзæн. Цæрдзæн семæ. Сæ хъуыддæгтыл сын архайдзæн. Афтæ у, Госæ, цард. Ахъуыды ма кæн, мах цал хатты .скæнæм, не ’хсæнæй раджы чи аивгъуыдта,-уыдонæй бирæ кæйдæрты кой? Арæх скæнæм сæ кой. Фынгыл сын рухс фæкæнæм, исты хъуыддаг пын нывыл куыиæ фæцæуы, уæддæр та сæ æрымысæм. Фæзæгъæм, уыцы лæг кæддæр афтæ загъта, уыцьГ лæг кæддæр афтæ сарæзта. Бирæтыл ма дзы зарджытæ дæр куы ис: Уæдæ, афтæ æнхъæлыс, Харебаты Исахъы, Нартыхты Сосойы, Къæбысты Ака- йы, Коцты Бегайы кæнæ иннæ хъæбатыр лæппуты дзул, дон æмæ уæлдæф фылдæр хъуыдис? Иннæ адæмтæй сæ фылдæр хъуыдысты уыцы хæрзиуджытæ æмæ уымæн хастой сæ сæртæ адæм æмæ царды сæрвæлтау? Нæ, Госæ, фылдæр сæ нæ хъуыд, фæлæ сыл ’царды- раз цы хæс уыд, уый тынгдæр æмбæрстой, сæ зæрдæтæ тынгдæр сы.гъдысты уыцы хæсы тыххæй æмæ уымæн афтæ ба- кодтой. Æмæ ма ныр акæс. Мах уыдонæй искæй кой куы фæкæнæм, уæд уыцы лæг, удæгасау, нæ цуры фæ- лæууы. Фæуынæм æй цæстæй. Цыма йæм къухæй бав- 338'
налæн.дæр ис, афтæ нæм фæзыны. Уый у, гъе, цард, Госæ, æмæуый тыххæй хъæуы цæрын. Æз бирæ адæй-' мæгты зонын, Госæ, æмæ æнæхъæн мæйгæйтты, мæй цы —æнæхъæи афæдзгæйтты сæ кой никуы æрхауы, ’ æгæрстæмæй, сæ дыккагхæдзæрттæ, сæ хъæубæстæ дæр никуы ракæнынц сæ кой. Æмæ’уыдон къаддæр хæрынц дзул, уыдон къаддæр нуазынц дон, науæд уæлдæф къад- дæр улæфынц? Нæ, фæлæ сæ нæ фæнды, цардæй. сыл цы хæс ис, уый сæрзæлтау исты саразын. Æвз^æр лæджы ты- хæй ничи кæны сæ кой. Æвзæры кой ракæнын лæгау-лæг йæ сæрмæ иæ .х.æссы, уыдонмæ та хорзæй ницы вæййы æмæ ферох вæййынц адæмæй. Ферох вæййынц æмæ амæ- лынц сæ амæлæтæй бирæ раздæр. Амæлынц, уымæнæмæ адæймагæн йæ кой куы амæла адæмы хсæн, уæд дзы йæ- хицæн дæр нал вæййы бынат... Цуцайы та нæ фæнды аф- тæ амæлын, Госæ. Цуца æмбары, цардæй йыл цы хæс ис, уый, æмæ йæ искæй бæрны бакæна, йæхæдæг дзы йæхи асайа, уый йæ иæ фæнды. Йæ сæрмæ йæ нæ хæссы. Æмæ цæмæй дæ фæд ныууздзай,_уый тыххæй та дын хъуамæ уа. бынат. Хъуамæ дын уа, дæ къах кæм æрæвæрай æмæ дзы арф фæд кæм ныууадзай, ахæм бынат. Цуцайæн уый никуы ис. Кæмдæр, дам, æй хæдзары хæлддзæгты ссардæуыд. Чи йæ ссардта, уый дæр нæ зоны æмæ йæ кæм ссардтой, уый дæр нæ зоны. Мæнмæ та афтæ кæсы,, Госæ... Æз та Цуцамæ куыд бакастæн, афтæмæй бам- бæрстон æмæ ахæм хъуыдымæ æрцыддæн. Цуца куы зонид, уыцы хæдзары хæлддзаг, уыцы дурты цæнд кæм ис, уый, уæд æм тæккæ абон дæр ацæуид. Ныууадзид Дзылыты уæзæгыл фыдæбон æмæ фæцæуид уыцы дурты цæндмæ. Сбадит уым æмæ зæгъид, мæнæ уый у мæ уæзæг. Цард’мын ацы уæзæджы фарн хъахъхъæнын бакодта мæ бæрны æмæ йæ хъуамæ хъахъхъæнон мæ амæлæты онг. Мæ фæстаг улæфтæн хъуамæ мæ зæрдæ æмæ мæ уды баззайа, цард мын уæзæгæн кæй схай кодта, уый уæлдæф. Уый та мæнæ ацы бынат у æмæ дзы никуыдæмуал цæуын. Ам хъуамæ амæлон. Æмæ Цуца куы зонид уыцы дурты цæнды бынат, уæд æм фæцæуид. Æмæ раст бакæнид, Госæ. Уым æй адæм фениккой. Уым æй адæм базониккой. Уым йæ уæзæджы ^фарнæй фæрндж^шæй адæуид ?ацы бæстæй æмæ-иу сомбон, кæддæр ’уыцы дуры цæнды цурты, исчи куы фæцæйцæуа, уæд-иу æрымысид Цуцайы, зæгъид-иу, ам, мæнæ ацы хæдзары хæлддзаджы, цард ахæм æмæ ахæл! адæймаг. Æмæ-иу уæд Цуца, удæгасау, фестид йæ разы. 339
Æмæ-иу уæд Цуца мæрдтæй райгас уаид æмæ удыгæ- стимæ цæрид. Афтæ у, гъе, царды фæтк, Госæ. Фæлæ Цуца нæ зоны уыцы бынат, никуы йын ис, йæ уæзæг кæм схона, йæ царды фæстаг улæфтæн кæй уæлдæф равзара, йæ къахы æмæ йæ зонды арфдæр фæд кæм ныууадза, ахæм бынат ын æндæр никуы ис, æмæ уымæн мары йæхи ацы уæзæджы тыххæй, уымæн ыл афтæ риссы йæ зæрдæ... — О, æмæ йын, уæдæ, ныр цы бакæнæм, цы?'— хъынцъмыгæнæгау бакодта Госæ. —'Æз цæу’ын Хуыганæ. Хъуамæ баныхас кæнон йемæ... — Дæ уды фæхъхъау фæдæн, — йæхи йыл баппæр- ста Госæ. — Нæ дæ бамбардзæн. Уый ма бамбарын- хъом куы уаид, уæд æдылы митæ нæ аразид. Дæ рын- чын зæрдæ ноджы фæрисдзæн æмæ мын мæ артыл дон ауадздзынæ. — Тæрсгæ ма кæн, Госæ, — йæ къух ауыгъта Лек- со.— Мæн руаджы мæнæ ацы артыл, ды куыд зæгъыс, афтæмæй, кæддæр дон ауадзын бахъæудзæн. Уый та иу бон, иу мæй æви иу афæдз фæстæдæр уыдзæн æви раздæр, уый ницы давы. Азтæ æмæ боитæ не сты лæджц цардвæндагæн аргъгæнæг. Цы хуызæнæй сæ арвит’ай, уый у хъуыддаг. Æз та ныр мæлæтæй дæр нал тæрсын. Æз ацы фыдрæстæджы ницы фесгуыхтæн. Ам, мæнæ дæу æмæ Цуцайы хуызæттæ хъæбатырдзинад кæм æв- дыстат, уым дæр мын ницы бантыст. Рæстæгæн йæ фыл- дæр сынтæджы арвыстон, фæлæ уæддæр мæхи нымайын, уæлахиз чи æрхаста, уыдонимæ. Зæрдæйæ æмæ зондæй семæ уыдтæн. Иумæ æрхастам уæлахиз. Уæлахиздзауæн та йæ мæлæт дæр, йæ цардау, рæсугъд æмæ адджын у... — Хуыцауæн хъыг цы уа, ахæм ныхæстæ-иу ма кæн, — сбуцтæ йыл кодта Госæ. — Цæмæн хъуамæ уа ахæм ныхас хуыцауæн хъыг, Госæ? Мыййаг æй æлгъитгæ кæнын? Æви мæнæ мæ сынтæджы хуысгæйæ мæ доны къусæй дæр хуыцаумæ афтæ нæ лæгъзтæ кодтон, цæмæй нæ лæппутæ уæла- хиздзауæй æрæздæхой?,. —^'Ацу^^—;Ææ цонгыл ын схæцыд. — Ацу, кæдæм сфæнд кодтай, уырдæм, науæд ма дæ истытæ сирвæз- дзæн æмæ... 1 — Гъе, æмæ хорз... 340;
* * * Хуыга бадт кæрты астæу. Даргъкъахæй. Бадт, куыв- дæн ын цы фыс аргæвстой, уый хус цармыл. Бадт æмæ йæ алывæрсты ахæм лыстæг каст, раст дзы цыма су- дзин агуырдта. Цыма йын дзы сæфгæ чи нæ фæкодта, ахæм судзин дзы агуырдта. Лексо кæрты дуарыл бахызт уæззау къахдзæфтæй. Хуыгайы’уыцы хуызы бадгæ куы федта, уæд йæ рынчын зæрдæ бамæгуыр ис. Бамæгуыр ис йæ зæрдæ æмæ йæ сæр мæсты æнкъуыст ныккодта. «Æй, де ’гæр фæкалай, хъысмæт! — ныдздзынæзта йæхинымæры. — Де ’гæр фæкалай,'хъысмæт, кæд дын уыдон цы хуызæн митæ сты? Хæст дæр, мыййаг, уый тыххæй куынæ вæййы, де ’гæр фæкалай, цæмæй иу уæзæг бынтон гæныстон фæуа, иннæ та дидинæг раф- тауа. Хæст дæр, мыййаг, уый тыххæй куынæ вæййы, де ’гæрыл, хъысмæт, цæмæй иу уæзæг баззайа æцæгæ- лон сылыстæг æмæ, йæ зонд кæмæн бандзыг, йæ хъуыды кæмæн бахуыскъ, ахæм нæлгоймаджы æвджид æмæ иннæ уæзæгæн та йæ зæйц зæххыл дæр мауал цæуой, иннæ уæзæджы зæйцæн та сæхи уæзæг мауал фаг кæна æмæ кæйдæр уæзæджы хай тыхæй сæхи бакæной. Уый дын цы хуызæн у, хъысмæт? Уый дын цы хъысмæты ми у?» — афтæ ма загъта, стæй, исты давынмæ хъуы- зæгау, йæ къахæлгътыл размæ акъахдзæфтæ кодта. Хъысмæтимæ йæ бирæ загъд кæнын нæ фæндыд. Дæлæ йæм чъылдымздæхтæй фысдзармыл чи бады, уыимæ дæр æй. загъд кæнын хъæудзæн æмæ йæ хъысмæтмæ нæма æвдæлы. Фæлтау уал... — Байриай, Хуыга!—уыцы цæхгæр ыл фæхъæр код- та. Æгæр хъæр ын фæцис æмæ уый йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыд. Мыййаг, уæдта, йæ цауд зонд ноджы фæкъуырма ис, уæд... Фæлæ Хуыга нæ фестъæлфыд. Иæ фæхъæры фæстæ Лексо цæмæ æнхъæлмæ каст, Хуыга ахæмæй ницы сарæзта. Куыд бадт æмæ йæ алы- варс йæ цæст куыд хаста, афтæмæй баззад. Иæ уæхсчы сæрты дæр æм нæ ракаст, афтæмæй сдзырдта: — Бузныг, Лексо. Лексомæ диссаг фæкаст ацы хъуыддаг. Ау, дуртæй чи тæрсы, уый адæймаджы хъæрæй куыд нæ фæтарст? Науæд мæм, адæймаджы æрдзы конд куыд у, уымæ гæсгæ, фæстæмæ та куыд нæ фæкаст? А, уый фæстæ мæ зонгæ мæ хъæлæсæй бакæнæд, фæлæ... Æви... Дис- 341
саг у адæймаджы сконд, — Хуыгайы уал фæуагъта æмæ хъуыды кæны, адæймаджы сконд куыд у, ууыл. — Адæй- магæн къæбутырдыгæй дæр кæд ис цæстытæ. Адæймаг къæбутырдыгæй дæр кæд кæны уынгæ. Уыдон сты зæр- дæйы цæстытæ, æмæ йæм фæстæрдыгæй, кæнæ фæрсы- рдыгæй исчи куы фæкæсы, уæд æй фæуыны уыцы зæр- дæйы цæстытæй. Мæн дæр Хуыга рагацау федта йæ зæрдæйы цæстытæй æмæ уымæн нæ фестъæлфыд, уы- мæн мæм нæ ракаст фæстæмæ. — Куыдтæ дæ, Хуыга? — ныр æм хæстæг бацыд æмæ йæ уæлхъус æрлæууыд. — Куыд дæн, — уыцы æрхæндæг хъæлæсæй сдзырдта Хуыга. — Тох кæнын мæ кæм хъуыд, уым мын мæ тох- гæнæнтыл дур-сахсæнтæ сæвæрдтой уыцы’ куыйтæ. Ныр мын сæ суагътой æмæ мæ бафтыдтой дурты ныхмæ. Бафтыдтой мæ дуртыл æмæ æз дæр семæ тох кæнын. — Цард иууылдæр тох у, Хуыга, æмæ адæймагæн цалынмæ тох кæнын йæ бон уа, уæдмæ хъуамæ архайа... — Мæнæн та ма цæй тохы бонтæ ис? — ноджы та бахъынцъым кодта. — Нал мын ис тохы бонтæ æмæ сæм мæ гæрзтæ дæр нал бæттын. Ныр мæ никæимæуал ницы тох кæнинаг ис. Мæнæ мæ ацы дур-фашисттæ хъыг дарынц æмæ сæ хъуамæ куынæг кæнон. — Кæй куынæг кæнай, уымæн йæ- ныхмæ тох кæныс, уæдæ йæ æндæр чердæм хъуамæ скуынæг кæнай? — Уæдæ, дæумæ гæсгæйæ, мæнæн нырма мæ бон тох кæнын у? — ныр æм хæрдмæ скаст Хуыга æмæ йæ цыдæр дцс æнгасæй бафарста. — Дæхæдæг куы зæгъыс, дуртæ, дам, мæ хъыг да- . рынц æмæ, дам, сæ хъуамæ куынæг кæнон. Уый афтæ цæуы, æмæ дæ бон у тох кæнын. — Æз уый нæ зыдтон, Лексо. — Ныр æй кæд базыдтай, уæд уый дæр хорз у, Хуы- га,—Лексойæн цыдæргъуызон æхсызгон уыдысты йæ ныхæстæ æмæ йæ фарсмæ иу суджы лыггагыл æр- - бадт. — Адæймаг хатт нæ фæзоны, цы аразынхъом у, уый. — Æмæ йæ стæй куы базоны, уæд уый хорз у æви æвзæр?—комкоммæ йын йæ цæстытæм кæсы, афтæмæй йæ фæрсы. — Уый хорз у, Хуыга. Хорз у, уымæн æмæ лæг йæ тыхтæ куы зона, уæд сæ аздахдзæн пайдайы хъуыд- дагмæ. — Ех, — арф ныуулæфыд Хуыга. —Уыдон æгæр зы- 342
пæмбарæн ныхæстæ сты, Лексо. Уыдонæп æз ницы бам- бардзынæн. — Цæмæн сты зынæмбарæн? — йæ арм Хуыгайыуæхс- кыл æрæвæрдта Лексо. — Ныр ды мæнæ бадыс дæ фы- дæлты уæзæгыл, дæхи уæзæгыл æмæ йын йæ дуртæ уи- дзыс. Иæ дуртæ йын уидзыс æмæ сæ кæдæмдæр калыс. Уый дæр, чизоны, хорз у. Уый дæр, чизоны, пайда у. Уæзæгæн йæ бакаст дæр æмæ йæ коид дæр æвидыц цы кæна, хъыг æй цы дара, уымæй йæ сыгъдæг кæнын хъæ- уы. Фæлæ уæзæг уæзæг цæмæй у, уыдон- та хъæуы æвæ- рын, хъахъхъæнын, фылдæр сæ кæнын. Ныр ды ацы дур- ты афтæ куы фæкалай, дæ уæзæгыл иу дуры схъис дæр куынæуал пыууадзай, уæд уый дæр хорз нæу. Уæзæгæн йæ дур дæр, йæ сыджыт дæр, йæ кæрдæг дæр, йæ дон дæр йæхи сты. Уыдон уæзæгæн йæ фарны къабæзтæ сты æмæ йын сæ нæ хъæуы лыг кæнын, куынæг кæнын. Уыдонмæ зилын хъæуы. — Æмæ дуртæ та цæмæн бахъуыдысты уæзæджы? Уыдон фашисттæ куы сты, уæд цæмæн бахъуыдысты уæзæджы? — Хъæуынц æй уыдон дæр, — йе 'уæхск ьш æрхоста Лексо. — Хъæуынц æй, Хуыга. Уæзæгæн йæ цырв сы- вæллæттæ сты, Хуыга, — сывæллæтты коймæ Хуыга фестъæлфыд, фæлæ йып Лексо йæ уæхскыл æрхæцыд. — Фæлæу, фæлæу. Хъусгæ мæм кæн. Мæ цуры дæ, æмæ æппындæр тæрсгæ мацæмæй кæн. О, æмæ дын уый дзырдтон, уæзæгæн йæ цырв сывæллæттæ сты. Сывæл- лон та куы райгуыра, йæ авдæнæй куы рахиза æмæ йæ гыццыл гæккытыл мæнæ кæртмæ куы рацæуа, ’уæд царды йæ фыццаг хисцæвæн хъуамæ уа йæ уæзæджы дур. Хъуамæ царды мидæг фыпдаг ууыл скъуыра йæ къах. Хъуамæ фыццаг ууыл ахауа æмæ йыл йæ уадул, науæд йæ уæраг ныццæва æмæ скæуа. Æмæ бамбара, цард йæ авдæнау иууыл хъарм æмæ фæлмæн кæй нæу. Царды ма мады хъарм хъæбыс æмæ фæлмæн авдæнæн дарддæр хъæбæр дуртæ дæр кæй ис, уый фыццаг хъуа- мæ бамбара йæхи кæрты. Уый та йæ уымæи хъæуы, цæмæй цардæн йæ адджын дæр æмæ йæ маст ’дæр бавзара йæхи уæзæгыл. Æмæ йын уыцы уæзæг суа ад- джын. Æмæ уыцы уæзæджы фарн æвыдæй бавæрыны тыххæй æппæт ныхдуртæ сæттыныл дæр сахуыр уа йæхи кæрты. — Æмæ, уæдæ, æз раст нæ кæнын, мæиæ ацы дурты 343
кæй калын, мæнæ ацы дур-фашистты кæй куынæг кæ- нын, уымæй? — Нæ кæныс раст, Хуыга, — йæ уæхск та йын æрхо- ста. — Нæ кæныс раст, уымæн æмæ ацы хæдзары хъуа- мæ рæхджы фæзына сылгоймаг. Хъуамæ дзы фæзына, ацы уæзæгæн йæ дуртæ дæр æмæ йæ сыджыт дæр чын- дзы номæй кæмæ дзурдзысты, ахæм сылгоймаг. Уыцы сылгоймагæн хъуамæ райгуыра, ацы уæзæджы фарн дидинæг кæй мидбылхудты рафтаудзæн, ахæм сывæл- лæттæ. Уыцы сывæллæттæ хъуамæ сæ къæхтæ къуырой мæнæ ацы уæзæджы ссыр-дуртыл, цæмæ-иу фæкæлой. Цæмæй-иу сæ уæрджытæ æмæ се ’рбадæнтæ ацъæррæ- мыхст уой. Цæмæй-иу уыцы уæлæнгай хъæдгæмттæй ратæдза сæ туджы æртах. Ахъара мæнæ ацы уæзæджы сыджыты æмæ тугхæстæджытæ суой уыцы сывæллæттæ æмæ ацы уæзæг. Уæдæ, Хуыга! Хъуыды æмæ тох кæнын уыдæттыл хъæуы, науæд дур цы тох кæнинаг у! — Нæ, Лексо, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ тынг æгъатыр адæм сты. Уыдонæн ацы уæзæгыл бынат нæй... — Кæмдæр дыл кæйдæр сывæллон йæ фыркъæбæ- дайæ дуры къæртт бахста æмæ æппæт сывæллæттæй де ’сæфт федтай, Хуыга. Æмæ дын уый цыхуызæн лæг- дзинад у? Æмæ цард уыдонæй куы у цæрдгъуыз, уæд æнæ уыдон куыд хъуамæ кæна цард? — Æмæ уæдæ ныр æз цы хъуамæ саразон, дæумæ гæсгæйæ, Лексо? — уыцы тæригъæддаг цæстæнгасæй йæм скаст. — Цуцамæ хъус. Уый ацы уæзæгæн снывонд кодта йæхи æмæ йæм хъус. Цы дын дзура, цы дæ дома, уый араз. Æпдæр дæ æз ницы курын, ницыдæр дын амонгæ кæпын. Уый зондджын, тыхджын сылгоймаг у æмæ уый цы араза, уымæй Дзылыты уæзæг фæсмойнаг никуы фæуыдзæн, уымæй уæ уæзæг къæмдзæстыг никуы уы- дзæн. — Оу, мæнæ мыл, — ныхъхъæрзыдта Хуыга, стæй ма цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ цæмæдæр фæкомкоммæ ис æмæ ферхæцыд. Исдуг стъæлфæгау фæкодта, стæй фестад. Фестад æмæ кæрты иу къуыммæ ауад. Уым фæ- лæууыд. Исдуг йæ къухтæ цæуылдæр хылгæнæг æмæ æрдхъирæнгæнæджы тылд фæкодта, стæй æртасыд зæх- мæ æмæ дзы цыдæр фелвæста. ;Афтæ цæхгæр æй фе- лвæста, раст ын цыма йæ арм судзгæ бакодта. Уыцы цыдæр йæ æрмтты раууил-баууилгæнгæ, цæхæрадоны- рдæм фæцæйуад, фæлæ йæ Лексо фæурæдта: 344
— Алæма, уый цы ссардтай, Хуыга? — бацыд йæ цурмæ. — Иу дур-фашист мæм уæдæй нырмæ йæхи къæлæ- сытæ кæны. Æрдхъирæнтæ мæм кæны æмæ йæм хъуамæ мæхæдæг фæразæй уон. Хъуамæ йæ мæхæдæг скуынæг кæнон. — Æрис ма уыцы æнæхайыры фашисты æмæ йæ æз дæр фенон. Хуыга нæ лæвæрдта йæ «фашисты», фæлæ йын æн Лексо байста. Уый уыд къаннæг, тыччыйæ гæзæмæ йе- гъаудæр тымбыл, тынг рæсугъд дур. — Де ’гæрыл, Хуыга, уæзæг мæнæ ахæмтæй куы фи- дауы. Уæзæджы ахæмтæ дæр куы хъæуынц, уæд сæ ды та хъуамæ калгæ кæнай?—дуры йæ дыууæ армы ба- кодта, афтæмæй дзуры Лексо. — Искуы ацы уæзæгыл цы сывæллæттæ уа, уыдон хъазыны тыххæй дуртæ, мæнæ- ай хуызæн рæсугъд дуртæ агурæг искæй уæзгуытæм цæудзысты? Искуы ацы хæдзары цы сывæллæттæ уа, уыдон-иу сæ къæхтæ дурыл скъуырыны тыххæй искæй кæртытæм цæудзысты? Ахъуыды ма кæн, Хуыга, дæ- хæдæг къапнæг лæппу куы уыдтæ, уæд куыд бирæ уарз- тай ацы кæрты дуртæй хъазын? — Хуыга йæ цæсгом йе ’рмтты ныттыхта, афтæмæй йæ скъæты къулмæ ба- хаста. Лексо бамбæрста, йæ уд тынг хъизæмæр кæй кæны, уый æмæ йæ ныр ныууадзинаг уыд, фæлæ ма йæм иу ныхас баппæрста: — Хуыга, æз ацы дуры мæ роны бавæрдзынæн. Бавæрдзынæн æй мæ роны æмæ Уым уыдзæн, цалынмæ ацы уæзæгыл фыццаг лæппу-са- би фæзына, уæдмæ. Уый куы фæзына, уæд æй райсдзы- нæн ме тарæй æмæ йын балæвар кæндзынæн пæ уæ- зæджы фарны номæй. Хуыгайæн йæ фæсонтæ схъиудтой хæрдмæ, йæ буар æгасæй рызт, фæлæ йæм Лексо ницыуал сдзырдта. Дур, æцæгæй, йæ роны бавæрдта æмæ уæззау къахдзæфтæй ахызт кæрты дуарæй... # ♦ & Цуца нырма дæр хуыссыд сынтæджы. Хуыссыд дæл- гоммæ. Æнæзмæлгæйæ хуыссыд. Иæ фæсонтыл-иу ын хатт йæ улæфт цы схæцыд хæрдмæ, æндæр дзы ницы змæлыд. Хуыссыд уыцы æвæлмон æнгасæй. ,Цыма йыл 345
■æппындæр никæй раз ницы хæс ис, цыма йыл адæмæй дæр, цардæй дæр, уæзæгæй дæр цы хæс ис, уыдон ба- фыста æмæ ныр æнæзæрдæхсайгæйæ æрынцад, æфтæ зыпд. Уыцы æнгас ын, æгæрстæмæй, Хуыга дæр фæ- хатыдта. ^Гом дуарæй йæм куы бакаст æмæ йæ уыцы æнцад, æнæмæтгъуызæй хуысгæ куы федта, уæд æм ба- ’ тæхуды кодта. Батæхуды йæм кодта йæ мид-зæрды æмæ афтæ лæугæйæ баззад къæсæрæн мидæгæй. Лæууыд æмæ уыцы æдзыпæгæй каст Цуцамæ. Уый та хуыссыд "’ æнæзмæлгæ, æнæмæтгъуызæй, цыма уымæй Хуыгайæн фыдæнæн ми кодта. Æмæ ууыл дæр, мæгуыр, æрцыд - йæ «хин»: æфтæ сагъдау баззад къæсæрæн мидæгæй. Лæууыд афтæ, стæй йæм Цуца радзырдта: — Кæцы дæ уый? Кæнæ бадгæ скæн, науæд та фæс- тйемæ аздæх. Хуыгайæн фырдисæй йæ цæстытæ адынджыртæ сты: «Цæмæй мæ базыдта? — йæхинымæры йæхи фæрсы. ’— Куынæ мæ къæхты уынæр райхъуыст, куынæ мæ уæл- \ дай улæфт сирвæзт». Æмæ уыцы хуыдытæй бандзыгау ис. Нæдæр бадгæ скодта, нæдæр фæстæмæ аздæхт. Уæд ; Цуца йæхиуыл схæцыд æмæ йæм ракаст. — Уый Хуыга куы дæ, — æнæбары афтæ бакодта, 4 стæй ма йæ бафарста: — исты дæ хъуыд, мыййаг? — Ницы мæ хъуыд, Цуца, фæлæ ды ахæм хабар искуы фехъуыстай? — йæ зæрдæ цæмæйдæр барухс ис , Хуыгайæн. Æрдæбон -Цуцайы кæй фæхъыг кодта æмæ ^ уын кæугæ куыд ралыгъд, уыцы хъуыддаг дзы нæ фе- ’ рох æмæ тæрсгæ-ризгæйæ цыд ардæм. Мыййаг æй куы ^ расура, мыййаг æм куы фæхыл кæна, науæд æй дурты .- ’хсæн куы бакæна, уымæй тарст æмæ-иу хатт фæстæмæ ’ алидзынмæ дæр рахъавыд, фæлæ иугæр йæ зæрдæ æр- ■ цагуырдта бацæуын æмæ йæ цæмæйдæрты бафæрсын, , уæд йæхи нал басаста æмæ тыхыссыд æрбакодта йæ- хи. — Цахæм хабар, Хуыга? — йæ ныхæстæ йæм цыдæр нывыл, ныфсæвæрæджы хуызæн фæкастысты æмæ та йæ зæрдæ фæфæлмæн ис. Фестад æмæ сынтæджы чъилыл абадт. Иæ фарсмæ æрбадт Хуыга дæр. — Сывæллон царды цырв кæй у, уый ды искуы фе- хъуыстай, Цуца? — комкоммæ йын йæ цæстытæм кæсы, афтæмæй йæ фæрсы. — Чи дын æй загъта? ’ — Лексо мын æй загъта. — Æмæ кæм уыд Лексо? 346
— Кæрты бадтæн æмæ мæм уырдæм æрбацыд. Мæ фарсмæ фæбадт. Нырма чысыл раздæр ацыд. «Æрдæбон кæугæ куы рацыдтæн, уæд фæсхъæуы- рдыгæй æрбацæйцыд. Æвæццæгæн мæ федта. Æвæц- цæгæн, бамбæрста хъуыддаг æмæ йæм баныхас кæны- ны тыххæй æрбацыд», — ахъуыды кодта, стæй йæ ба- фарста: — Ноджы ма дын цытæ дзырдха Лексо? — Ноджы ма мын загъта, кæрты дуртæ, дам, фа- шисттæ не сты. Уыдоп, дам, уæзæджы фарны къабæзтæ сты æмæ, дам, сæ ды куы скуынæг кæнай, уæд, дам, уæ уæзæг æнæкъабазæй баззайдзæн. «Æ, уыцы æвзагæй мыд фестæра, кæд уый адæймаг нæ, фæлæ йæхæдæг лæгты дзуар у, — йæхииымæры хъуыды кодта Цуца. —Ныр айхузæн зондцухимæ са- бырæй бадзурæн ’кæй нæй, уый зоны, фæлæ йæхи рын- чын зæрдæйы мæт дæр куыд нал æркодта. Æ, мæ тæ- ригъæдæй дыл хъуын-хъис макуьГ æрхæца, хъысмæт! Мæхи æддейæ ма адæмы дæр мæстаг æмæ фыдæбойнаг скодтон». — Æмæ ма дын дурты тыххæй ноджы цы дзырдта Лексо? — уый йын бирæ зопдамс:;æн, зæрдæфæлмæн- гæнæн ныхæстæ кæй фæкодтаид, уый зоны Цуца æмæ йæ барæй фæрсы. Цæмæй сæ сфæлхат кæпа æмæ сæ йæ зæрдыл хуыздæр бадара. — Ноджы ма мын загъта, сывæллон, д«ам, авдæиæй , куы рахиза æмæ, дам, йæ гыццыл гæккытыл кæртмæ | куы рацæуа, уæд, дам, фыццаг йæ къах хъуамæ скъуы- ра сæхи кæрты дуртыл. Уым, дам, хъуамæ ахауа. Хъуа- мæ, дам, ныццæва йæ уæраг, пауæд та йæ пых._ Хъуамæ, дам, уыцы цæф-цъæррæмыхстытæй йæ туджы æртах ратæдза æмæ ахъара уæзæджы сыджыты, цæмæй уæ- зæджимæ суой тугхæстæджытæ, цæмæй уæзæджимæ кæ- рæдзийæн тугхæстæджытæ суой æмæ... — Æ, тæхуды йæ къона фæуа, йæ хæдзары ма йæ авдæнæй сывæллон кæмæн рахиздзæн, йæ гыццыл гæк- кытыл йæ кæртмæ кæмæн рахиздзæн æмæ уым йæ уæ- зæджы къабаз-дурыл йæ къах кæмæн скъуырдзæн æмæ сæдзармæ цины фæдисау кæй кæуын æрбайхъуысдзæн, — Цуца афтæ зæрдиагæй ныттæхуды кодта, уыцы тæху- ды кæныны рæстæджы Цуцайæн ахæм тæригъæддаг хуыз уыд, ахæм æрхæндæг хъæлæс ын уыд æмæ Хуы- гайæн йæ зæрдæ æрбауынгæг ис. Скуыдта æмæ йæ сæр Цуцайы хъæбысмæ баппæрста. Кæддæр-иу гыццыл лæп- 347
пуйæ йæ къах дурæфхæрд куы скодта, науæд-иу йæ гуы- бын куы срыст æмæ-иу ын тынг зын куы уыд, уæд-иу йæ мады хъæбысмæ куыд баппæрста йæ сæр, ныр та йæ афтæ баппæрста Цуцайы хъæбысмæ. Ныр дæр ын тынг зын уыд. Ныр рыст йæ зæрдæ, йæ уд. Æмæ йæ сæр баппæрста Цуцайы хъæбысмæ. Йæ цæссыгтæ лæ* дæрстысты Цуцайы уæржытыл æмæ йын сæ уыцы тæвд умæл кодтой. Уый йын даудта йæ сæр. Фыны йæм йе дзард хъæбул куы фæзыны æмæ уый сæр куыд фæдауы, афтæ йын даудта йæ сæр. Йæ судзæггаджы цæссыгтæ та лæдæрстысты Цуцайы уæрджытæм æмæ йын сæ уы- цы хъарм уымæл кодтой. Æмæ уыцы хъарм уымæлæй усы зæрдæмæ цавæрдæр «мыййаджы» æнкъарæн, ца- вæрдæр «ныр уæдтайы» хъуыды фæныхылдта æмæ дзы фæтарст. Ус дзы фæтарст æмæ уыцы тарстгъуызæй къуымты йæ цæст ахаста. Мыййаг мын, зæгъгæ, кæд ничи федта, мæ зæрдæмæ цы «мыййаджы» æнкъарæн фæныхылдта, уый. Ничи уыд къуымты. Усæн уый__æх- сызгон уыд æмæ рагацау хъуамæ фервæза уыцы «мый- йаджы» æнкъарæнæй. Цалынмæ йæ ничи федта, уæд- мæ... — Рабад-ма, рабад, — схæцыд Хуыгайы сæрыл. — Рабад-ма æмæ мын радзур, Лексо ма дын цытæ дзырд- та, уый. — Афтæ мæ уадз, Цуца, — кæуын хъæлæсæй йын балæгъстæ кюдта Хуыга. — Афтæ мын тынг æнцон у æмæ мæ афтæ уадз. «Саубон мыл, мыййаг кæд уыцы «мыГшаджы» анкъа- рæн фыццаг уый зæрдæмæ фæныхылдта æмæ мæнмæ дæр уырдыгæй æрбахъардта», — нæхинымæры бакатай кодта Цуца æмæ та йыл ноджы афæлвæрдта: —Радзур уал мын, Лексо-ма дын цытæ загъта, уый, стæй та схуысдзынæ афтæ мæ хъæбысы, — дзыхæй дæр æмæ йыл къухæй дæр ацархайдта, фæлæ уый нæ ба- коммæ каст. — Цуца, афтæ мæ уадз, — ноджы йын лæгъстæ кæ- ны. —Афтæ мын тынг хорз у, æмæ мæ афтæ уадз. Цы- дæр мын мæ уæзæджы ад кæпынц, Цуца, дæ уæрджытæ, æмæ мæ уадз. Æнцон мын у афтæ. Æвæццæгæн, мæ уæзæджы ад кæй æикъарын, уый тыххæй мын æпцон у. Уадз мæ, æз та дын афтæмæй дæр радзурдзынæн, Лексо ма мын цы загъта, уый. '«Саубон мыл, кæцæй йæм æрцыдысты ахæм хъуы- 348
^цытæ? — йæ зæрдæ цæмæйдæр батыхст Цуцайæн. — Цæй уæзæджы ад банкъардта мæ уæрджытæй?..» — Цæй, уæдта мын сæ тагъддæр радзур, — йæ зæрдæ тыхст æмæ йæ тагъд кодта. — Цуца, дам, зондджын æмæ тыхджын сылгоймаг у, — афтæ дæр мын дзырдта Лексо. — Уымæ, дам, хъус. Цы, дам, дын дзура, уый, дам, араз æмæ, дам, дæ цард дæр æмæ уæ уæзæг дæр сæ къахыл слæудзысты. Уымæ, дам, куы хъусай, уæд, дам, ды дæр æмæ уæ уæзæг дæр фæсмойнаг никуы уыдзысты. — Уæдæ мæм хъусдзынæ нырæй фæстæмæ? — цыма йæ гыццыл лæппу у, ахæм хуызы йæ фæрсы. — Хъусдзынæн дæм, æрмæст мæ афтæ уадз. — Æмæ, уæдæ, бинонтæ дæр æркæндзынæ, æз дын куыд зæгъон, уæд? — Æркæндзынæн, Цуца. Æрмæст æй ардæм кæнгæ дæр ды æркæн æмæ цæргæ дæр демæ кæнæд. Æз та кусдзынæн æмæ... — Æмæ ма усы кæд федтай йæхицæн ус кургæ? — Нæ, мæ ус уыдзæн, фæлæ демæ цæрæд. Фæнды . ам сымахмæ, фæнды махмæ. Уæд æз та æндæр хæдзары, науæд уæртæ скъæты дæр цæрдзынæн. — Сылгоймагæн сылгоймагæй зæнæг никуыма ра- цыд, Хуыга. Мах та зæнæг хъæуы. Нæ уæзæджы ныр- тæккæ зæнæг, сывæллонæй æхсызгондæр ницы хъæуы. Лексо дын куы загъта, хъуамæ, дам, уæ хæдзары ав- \ дæнæй саби рахиза æмæ кæртмæ рацæуа. Уым, дам, ду- рыл йæ къах скъуыра... — Уыдæттыл фæстæдæр. ахъуыды кæндзыстæм. Ус уал куы ’ркæнай, уæдмæ та, чизоны, исты æрымысæм... — Цæй хорз, ныр сыст æмæ нæ хъуыддæгтæм акæ- сæм... — Чысыл ма мæ афтæ бауадз. Дæ уæрджытæй мæм цы уæзæджы ад цæуы, уымæй ма мæхи иу чысыл арæв- дауон... Тæккæдæр уыцы рæстæджы æддейæ ахæм цъах-цъах,, ахæм тай-тай æрбайхъуыст, раст цыма арв æрхауд. Хуыга уыцы хъарм, æхцон æнкъарæнты ныгъуылд уыд, «æвæццæгæн, æмæ ницы бамбæрста, ницы фæхатыдта, фæлæ Цуца тынг фæтыхст. Фæтарст. Цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый фæхатыдта æмæ йæ исты акæнын кæй хъуыд, уый дæр базыдта, фæлæ фырадæргæй ницыма саразын бацис йæ бон, афтæмæй къæсæрыл уыцы суй- тæй, раст ыл цыма куыйтæ фæхыл сты, ахæм бырæгътæ 349
æмæ пыхцылтæй цæгъдæджы мидæг æрбацыдис Гæбæ- цион. Æрбамидæг ис, æмæ ма, æвæццæгæн, йæ тардзæгъ- дæнæй уыйонг цы æрбаирвæзт, уыдоп хъуамæ уыцыиу калд акодтаид. Иæ дзых дæр тынг хæлиу уыд, фæлæ къæсæрыл цыдæргъуызон фæсæццæ ис. Цыма цы агуырд- та, уымæй ноджы хуыздæр исты ссардта, уыйау йæ цæс- гом уыцы рухс фæцис. Стæй йæ дзых фæстæмæ æрæх- гæдта. Иæ къухтæ йæ сины сæртæм систа. Иæ гуыр размæ атасын кодта æмæ уыцы ныллæг хъæлæсæй ры- хæгау ралæмæрста йе ’ссывд былты ’хсæнæй: — Æ, макуыуал дын мацы баззайа, ацы сылгой- маг-хъуг. ’Æ, дæ лæгмондаг буар дæ тиуы хъæбысы тæлфыны бæсты сау сыджыты стæлфа мæ мæиæуы хуы- мы тæригъæдæй. Æ, уæзæг æмæ тиуы фарн дæ фæдыл æфтыд фæуой, ацы æнæфсис къахбай, кæд тиуимæ ахæм митæ ничи фæкæны. Æниу, кæд кæ фæнды, адæмы бын баззай, фæлæ мын мæ мæгуыр хæдзар дæ мардæпхæ- рцнаджы хъуг куы бабын кодта. Ды ам дæ зондцух тиуы хъæбысы къукъуриццытæ кæныс, дæ зондцух ти- уимæ ам хъарм хуыссæны митæ кæныс, дæ бон нык- калай, æмæ мын дæ мардæнхæринаджы хъуг та мæ хуым куы фесæфта, уæд уый цы хабар у? Æхсæв дзы нæ ным- марыс дæ мондæгтæ, æхсæв, макуы дзы бафсæдай? Бо- ныгон та ма* цавæр хъарм хуыссæпы митæ у? Дæ мар- дæнхæринæгтæм уал-иу акæс æмæ стæй... — Гæбæцион, — уыцы ныллæг хъæлæсæй йæм ра- дзыодта Цуца’æмæ Хуыгайы сæр йæ хъæбысæй иуырдæм айста. Айста Хуыгайы сæр иуырдæм æмæ, стгæ нæма скодта, афтæмæй радзырдта: — Гæбæцион, цалынмæ нæ сыстадтæн, уæдмæ ацу. Кæуылты æрбацыдтæ, ууылты æнæсыбырттæй аздæх, цалынмæ нæ сыстадтæн, уæдмæ... — Куыд аздæхон, куыд?!. — Цалынмæ нæ сыстадтæн, — чысыл схæцыд йæхи- уыл Цуца. Барæй.^—Цалынмæ... уæдмæ айс дæхи, .на- уæд дæ стæй ахæссыы бахъæудзæн. Гæбæцион ма цыдæр сцæндзырдта, фæлæ Ц^цайы цæстытæм куы фæкомкоммæ ис, уæд йæ зæрдæ барызт. Иу каст ма йæм фæкодта. Уæдмæ Цуца дæр йæхиуыл схæцыд æмæ... Гæбæцион кæрты дуао йæ фæдыл агуыпп ласта æмæ йын æддейæ йæ æхгæнæн æрфидар кодта, стæй... Цуца ма къæсæры он рацыд. Уырдыгæй ф’æстæмæ баздæхт. Ныххауд сьппæджы æмæ ахæм зæрдæхалæн куыд кодта, ахæм, раст цыма уыцы тæккæ уæлтæрхæг- 350
уыдысты йе ’дзард хъæбул æмæ йæ сæрыхицау Газан. Хуыга сынтæджы чъилыл бадт. Цуцайы сæр уыд йæ хъæбысы, йæ фæсонтæ йын йæ уæзæгæвæрд армæй дауд- та æмæ йын кæуынхъæлæсæй лæгъстæ кодта: — Цуца, ма ку. Ма-ма ку, гъо, Цуца. Æз алцæмæй дæр дæ коммæ кæсдзынæн, Цуца, æрмæст кæугæ ма кæн. Æз Гæбæцины дæр фæиæмдзынæн. Æз сæм хæ- дзармæ бацæудзынæн æмæ йæ йæ лæджы цур фæпæм- дзьтнæн, æрмæст ды ма ку. Æз дæ коммæ кæсдзынæн. Æз ус дæр ракурдзынæн. Иемæ дæр цæрдзынæн, Цуца, æрмæст кæугæ ма кæн, — мæнæ гыццыл лæппу йæ тыхст мадæн.цы хуызæн ныфсытæ февæры, ахæм ныфсытæ йын æвæрдта Хуыга... * # # Цы уды хъизæмæрттæ бавзæрста Цуца уыцы бон- ты!.. Лексойы рæвдауæн-уайдзæф ныхæстæй цыма йæ .зонд æрчырыстон Хуыгайæн... Цуцайы хъæбысы йæ сæр куы æруагъта æмæ уæзæджы æхцон ад куы банкъардта, уæдæй фæстæмæ цыма йæ ахаст фæрогдæр ис уæзæгмæ. Ныр дзы цыма нал тарст, цыма дзы йæхицæп ныфсытæ авæрын дæр йæ бон уыд, афтæ зындис. Æниу, «дур-фа- шисттимæ» йæ тох быптои нæ ныууагъта. Нæ йæ фе- \рох сты, фæлæ кæрты дуртæм нал æвнæлдта. Уый нæ, фæлæ-иу сыл хатт цыма узæлгæ дæр кодта. Цуца йæ кæддæрты федта, йæ уæрджытыл-иу æрлæууыд, афтæ- мæй-иу йæ уырзтæй цæуылдæр узæлыд. Хатт-иу æм йæ былтæ дæр æрхаста пъа кæныны æввонгæй. Стæй-иу йемæ æрныхас кодта. Цуца дзы цыдæр дзырдтæ дæр фехъуыста. Хуыга-иу лæгъзтæгъуызæй дзырдта, æз дæ бирæ уарзын, зæгъгæ. Мæ уæзæджы дур дæ æмæ дæ бирæ уарзын. Ды дæр мæ уарзыс? Æмæ исты куы фæ- рæдион, уæд мын мæ сæр нæ ныцъцъæл кæндзынæ, уæ- ’ дæ? О, æмæ дæ уæд æз дæр нæ ’анпардзынæн былæн. Мах иу уæзæджы дуртæ æмæ иу уæзæджы адæймæгтæ стæм æмæ кæрæдзи хъуамæ уарзæм. Кæрæдзийæн исты рæдыдтытæ дæр барæм æмæ ма цъæл кæнæм кæрæдзийы сæртæ,-— ахæм ныхæстæ-иу кодта дуртимæ.' Æмæ кæрты, уынджы дуртæм нал æвнæлдта, фæлæ пыр та хуымы, фæсхъæу сып цы хуым уыд, Цуцайы хуымы фарсмæг ныр та уып дуртыл бафтыд æмæ сæ уыгъта. Бон-изæрмæ 35!
бадт йæ фысдзармыл æмæ уыгъта уыцы дуртæ. Уыгъта <сæ æмæ сæ дæлбылмæ калдта. Æмæ Цуца уымæн быхста. Уæзæгмæ уæддæр йæ ахаст кæй фæивта, уымæй дзы цыдæр ныфс бацыд. Цу- цайы. Æмæ йæм ныр тынг нал мæсты кодта, фæлæ та, мыййаг, исты фыдбылыз куы æрцæуа. Исты бæллæхæй та, мыййаг, йæ зонд куы фæзыгъуыммæ уа. Стæй йын ныр ус ракурыныл дæр разы кодта æмæ та ууыл дæр цалынмæ йæ къух нæ ауыгъта, уæдмæ йæ нсты хос скæнын хъуыд. Цуцайы... Æмæ цы ныффæрæзта хъæу- тыл зилынæй... Æмæ цы ныффæрæзта адæмæп лæгъстæ кæныпæй... Æмæ цы ныффæрæзта Хуыгайы уавæр æмæ, дарддæр куыд’ цæрдзысты, уый адæмæн æмбарын кæ- нынæй! Фæлæ йæ хъуыддагæй ницы цыд æмæ йæ уый мардта. Цуцайы кæм зыдтой, уыцы хъæуы-иу комкоммæ загъ- та йе ’рбацыды сæр. Цæссыгкалгæ-иу сылгоймæгтæн радзырдта, цы уынгæджыбон æй тилы, йæ царды ха- бæрттæ-иу сын ракодта, суанг æй кæмдæр хæдзарыхæлд- дзæсты куы ссардæуыд, уырдыгæй фæстæмæ. Ноджы-иу сæ, цы уыдысты, уымæй зæрдæхалæндæр хуызы радзырд- та, кæд мæ, зæгъгæ, бамбариккой, кæд, зæгъ, мын исчи ’фæтæригъæд кæнид æмæ мын баххуыс кæнид, Хуыгайæн бинонтæ æрхæссыны хъуыддаджы. Ничи разынд ахæм. • Бæргæ-иу ын иууылдæр тæригъæдгæнджытæ сæхи скод- той, фæлæ «ахæм æбуалгъ сæрхъæны тыххæй» дыууæ дзырды искæй раз бахардз кæныныл ничи сразы ис. Ноджы-иу ын Хуыгайы ты’ххæй ахæм хабæрттæ ра- дзырдтой, æмæ-иу йæхæдæг дæр фæдызæрдыг ис. Хуыга •æцæгæй цы у, уый хуызæн нæ, фæлæ-иу æм бынтон æнагъæддаджы æрра ’фæкасяг æмæ-иу йæхæдæ,г дæр нал уæндыд хæдзармæ. Цыма нырмæ барæй йæхи урæд- та Хуыга æмæ ныр йæ ацыды фæстæ бынтон сæрра ис, афтæ-иу æм зынын райдыдта уыцы адæмы ныхæстæм гæсгæ æмæ-иу дзы йæхæдæг дæр старст. Бынтон диссæгтæ та-иу, кæм æй нæ зыдтой, уыцы хъæуты уыд. Уым-иу’йæхи равдыста хъуг æлхæнæджы хуызы. Уым-иу йæхи байста, сылгоймæгтæ кæм лæууы- даиккой, ахæм ранмæ. Ныхæстыл-иу сæ фæкодта. Иæхи- иу сын цыдæргъуызæтты бауарзын кодта, æрæууæн- дын-иу сæ кодта, стæй-иу сын æркодта, сæ хъæуы иу мæгуыр, тæригъæддаг сылгоймаг кæй ис, уын кой. Ра- дзырдта-иу сын, «йæ царды хабæрттæй йын цы зоны», уыдæттæ, стæй-иу сын æркой кодта, ныр æй цы ’нданы, 352
уый тыххæй. Æмæ ма-иу сын йæхи номæй дæр (йæхи-иу æидæр искæй номæй рахуыдта) балæгъстæ кодта, кæд уæм исчи ис, мой кæнынмæ чи хъавы, ахæм идæдз, науæд абадгæ чызг, уæд мын æй банымудзут æмæ уын æз дзырд ратдзынæн, куыд сымах æлгъыстаг нæ, фæлæ уыдзыстут арфæйаг, уыцы сылыстæг та æппындæр фæс- мойнаг ницæмæй фæуыдзæн. Æз æм мæ хъус дардзы- нæн. Мæ хо, мæ хъæбулы хуызæн зæрдæ йæм дардзы- нæн æмæ... Марадз зæгъ! Цы нæ алывыдтæ-иу ын ра- дзырдтой æмæ та-иу фæстæмæ кæугæйæ æрыздæхт. Ахæм ныхæстæ кæм гуырдысты æмæ кæцæй абузтой, уый хатыдта. Хатгæ цы, зыдта йæ. Стæй-иу ын ныхас-' гæнджытæ дæр кæмдæрты срæдыдысты йæ ном, сомытæ, дам, нын фæкодта, макæмæн, дам-иу, мæ схъæр кæнут, фæлæ-иу уæддæр сирвæзт йæ ном æмæ та-иу уыдон дæр Цуцайæн фæсомытæ кодтой, уыцы уæзæгыл, дам, цы «саубонæй заинаг ис» уымæн, дам-иу, ахæмтæй мацы зæгъ. Æмæ-иу Цуца фæндагыл цæугæйæ, йæ цæссыгтæ ныхъуыргæйæ фидар дзырд радта йæхицæн, Иры зæххыл чи никуыма æрцыд, ахæм æбуалгъы хъуыддаг абон уый кæй сараздзæн, уый тыххæй. Фæлæ та-иу хъæумæ куыд хæстæг кодта, афтæ-иу аивта йæ фæнд. Мыййаг, хъуыд- даг истытæ куы расайа æмæ йæ нырмæйы фыдæбæттæ дæр доны къусы сæфт куы фæкæной, уый нæ, фæлæ ма йыл фыддæр æмбисæндтæ дæр куы æрцæуа, уый тæссæй та-иу йæхи ныуурæдта. Йæхи та-иу бахызта уыиы адæймагыл фембæлынæй. Фæстаг ныфсы таг ма йын баззад, комы тæккæ рæбы- ны Дыууæ доны астæу къæдзæхы рыпдзыл цы къаннæг хъæу уыд, уый. Уымæй дарддæр уыцы ком æмæ фæрсаг кæмтты дæр басгæрста æппæт хъæуты дæр. Фæзылд сыл, фæлæ дзы иу гыццыл зæрдæ бавæрæн ныхас дæр пикуыцæй æрхаста. Алы ранæй дæр-иу æрыздæхт цæс- сыгтимæ. Ныр æй ардыгæй дæр бирæ ницыуал ныфс уыд, фæлæ ма, зæгъ, мæ зæрдæ уырдæм дæр цæмæн æхсайа, æмæ та-иу райсом араст ис уырдæм дæр... Æмбисбонмæ хæстæг бахæццæ ис Цуца Дыууæдоны- астæуы хъæумæ. Хъæуы бын иу æрыгон сылгоймаг цæугæдоны къуымбилтæ æхсадта. Цуца йæм хæстæг бацыд, салам ын радта, стæй уыцы фæлладæй йæхи иу тъæпæн дурыл æруагъта. Къуымбилтæ æхсæг сылгоймаг фестъæлфæгау кодта. Фæзылд. Иæ уæлхъус æнæзонгæ сылгоймаг бадгæ куы ауыдта, уæд фефсæрмы ис. Уыцы тыхстгъуызæй ма йын 23. Къæбысты 3. 353
дзуапп радта’ йæ саламæн, стæй йæ цæстытæ ахмбæхста. Аизæй сæ йæ разгомæй асæрфта, æмæ та йæ къуымбил- тæм февнæлдта. Цуца бамбæрста, сылгоймаг кæугæ кæй кодта, уый, æмæ йын йæхи зæр’дæрыстæй батæр^игъæд кодта. «Æвæц- цæгæн, уымæн дæр, мæнау, цыдæр’ зындзинæдтæ ис йæ царды, науæд цæуыл хъуамæ кæуид?» — ахъуыды кодта æмæ дыууæйæ дæр уыцы æнæдзургæ кæй уыдысты, уымæй фефсæрмы ис. Уæддæр æрбацæуæг уый у æмæ уал исты зæгъын ууыл æмбæлы, фæлæ йын йæ ахастæй фæтыхст æмæ, цы зæгъа, цæмæй йæ бафæрса, уый нал зыдта. Уæддæр æй исты зæгъын хъуыд æмæ йæ бафарста. — Æвæццæгæн дын хорз фысы мыггаг ис, ацы ус? Цы дзæбæх къуымбилтæ æхсыс? Тæхуды уа дæ къона. Æз та, дыууæ цъында цæмæй сбион, уый фаг къуымбил дæр нæ райсдзынæн мæ къуымæй. — Æ, мæ тæхудиагæй фæцæра дæ сывæллæтты бал- гъитаег, кæд мæнæн мæ царды тæхудиагæй ницы ис, — уынгæг хъæлæсæй сдзырдта ус. Цуцайæн йæ зæрдæ цыдæр æхцонæнгас æлхысчъытæ скодта. Сылгоймаг сылгоймаджы зæрдæуынгæггæнæн равджы цыдæр æфтиаг фæхатыдта: — «Йæ бухъхъ цардæй цæугæдоны был йæ цæссыгтæ ничи калдзæн, — зæгъы йæхинымæры. — Ацы дон кæд мæнæ-мæнæ цæсты ахадгæ нæу, уæддæр кæйдæр цæссыгтæм чи банхъæлмæ кæса, ахæм гакк дæр ыл нæй. Иæ фарсмæ цыхуызæн фæндыйæ дæр йæ сæры хицау æмæ йæ хъæбултæ, науæд та йæ ныййарджытæ, йе ’фсымæртæ кæмæн ой, ахæм сылгоймаг куыдфæнды æфхæрд ма ’ййафа уыдонæй, уæддæр йæ цæссыгтæ уынгмæ, доны былмæ нæ рахæс- дзæн. Уый куы кæуа, уæддæд сæ цуры, цæмæй сын сæ азым сæ цæстмæ бадара йæ зæрдæйы судзæггаг цæс- сыгтæй, науæд та сын йæхи сбуцкæна. Адон ахæм цæссыгтæ не сты. Уыдон сты, зæрдæйы чи нал цæуы, уыцы мæстытæ рахсыны хос. Уыдон фенгæйæ йын исчи фæтæригъæд кæндзæн, уый ныфс æй, æвæццæгæн, нæй æмæ сæч ардæм уымæн рахаста», — ахъуыды кодта Цуца æмæ та йæм бадзырдта. — Æ, дæ мад макуы амæла, ме мсылыстæг, дæуæп дæр, æвæццæгæн, дæ цард дæ къуымбилтау сыгъдæг нæу, науæд сæ доны бæсты дæ цæссыгæй не ’хсис... — Æ, уæд дæлæмæ æрхауа мæ хуыцау, кæд ын мæ хъизæмарæй дойны нæ уыд, — бахъынцъым та кодта. — Æниу мæнæн искуы ’хуыцау куы уыдаид, уæд мæ мæ* 354
мадимæ амардтаид. Мæ мад æвгъæдæй куыд нал сы- стад, афтæ мæн дæр не суагътаид стын уыцы лыстæнæй æмæ абон ацы хъизæмæрттæ не ’рвитин. — Ох, ох, куыд тынг дæ бафхæрдта уыцы зæдтысæр бадинаг хуыцау, — тыиг бамаст кодта Цуца. Æнæуый дæр ын йæзæрдæ бакъуырдта уыцы сылгоймаджы ахаст, стæй йын йæ хъуыддæгтæ хуыздæр базоныны тыххæй дæр бакодта афтæ. Кæд, зæгъгæ, йæ комы баст хуыздæр райхæлид. — Мæнæ ма мæ цуры иу чысыл абад, дæ нывонд фæуон. Уæддæр мæ ацы æнæзонгæ хъæуы искæй афæрсын хъæуы æмæ ма дæуæй хуыздæр кæй агурон. Чи зоны мын мæ хъуыддаджы исты феххуыс уаис. — Æххуыс та дын цы фæуыдзынæн, мæ хур? — йæ раздарæнæй йæ къухтæ сæрфгæ дзуры. — Уынгтæ æмæ мын скъæттæ сæрфæн уисойæ фылдæр кад нæй, нæдæр мæ бинонты ’хсæн, нæдæр хъæубæсты. Æниу, хъæубæ- стæй цы хъаст кæнон? Æвзæр адæм не сты, фæлæ, дам, цуаноны йæ хицæуттæ цы фæхонынц, хъæубæстæ дæр æм уыцы номæй фæдзурынц, — æрбацыд Цуцайы цур- мæ. Йæ къух ын райста æмæ йæ фарсмæ æрбадт. — Амы тæфтыл дæ никуы федтон, мæ хур. Æвæццæгæн, дард искуыцæй æрба’фтыдтæ. Æмæ дын хæстæджытæ ис, мыййаг, нæ хъæуы? — комкоммæ йын йæ цæсгоммæ кæ- сы, афтæмæй йæ фæрсы. —чУадиссаг дард дæр нæу, дæ нывонд фæуон. Тыны хъæу кæд искуы фехъуыстай, уырдыгон дæн, фæлæ цæ- уæгтæ йедтæ нæ дæн æмæ мæ кæм федтаис? Ныр дæр мæ цыдæр ахсджиаг хъуыддаг расхъиуын кодта ардæм, науæд... — Тыны хъæу, — йе ’нгуылдз йæ былты ’хсæн фæ- кодта ус æмæ хъуыдыты ацыд. — Иæ кой йын цыма фехъуыстон. Дард хæстæджытæ дæр мын дзы ис. Æн- хъæл дæн, уыцы хъæуæй дзырдтой. Иу лæг, дам, дзы хæстæй бынтон æррайæ æрцыд æмæ, дам, дзы æгас хъæу уынгæджы сты. Æцæг афтæ у, чи дæ амард, уый стæп? — уыцы цымыдисæй йæ афарста. «Æ, макуыуал мацы баззайа уыцы зæронд гадза- йæн, — йæхинымæры нырризæгау кодта Цуца фырмæ- стæй. — Айонг дæр æрбаххæст йе ’взаг, сыджыт ын æй бахæра», — ахъуыды кодта афтæ, стæй сдзырдта: — Уæд уыцы тугтæ чи мысы, уымæн йæ тугтæ фæ- кæлой. Цæй æрра у? Нæ хъæуккаг лæппу у. Замманайы дзæбæх лæппу, фæлæ йæ сæр чысыл цæф у. Стæм хатт йæ хъуыды фæкъуыхцы вæййы æмæ уæд свæййы мадзура. 355
Кæм æй æрæййафы, уым сбады æмæ æнцад, æнæдзур- гæйæ фæбады, цалынмæ æрчъицы, уæдмæ... — Æмæ хылтæ йеттæ нæ фæкæны? — йæ ныхас ын фескъуыдта ус. — Кæд æй уыцы уысм исчи бахъыгдары, уæд ын тызмæгæй фæзæгъы, ма, дам, мæм дзур. Ныууадз, дам, мæ. Æндæр дзы ницы вæййы. ч — Æмæ стæй бирæ ахæссы уыцы уавæр? — Мæнæ ам цы дæн, уыцы рæстæджы бæрц, иууыл фылдæр. Фылдæр хатт та — уымæй къаддæр., — Æнæуый арæх фæвæййы афтæ? — Мæй иу хатт, науæд та уый дæр нæ... — Æ, тæхуды фæуа, уый бинойнаджы къона, — ус уыцы тæригъæддаггъуызæй сæрттæдæларм кодта æмæ йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусы. — Мæнæн уымæй фыддæр уавæры дæр куы ’рцыдаид мæ сæрыхицау уыцы фыд- бойнаджы хæстæй, уæд ныр афтæ ратон-батойнаг нæ уаин мæ бирæгъ æфсин æмæ хицауæн, стæй мæ фыд- зæрдæ тиутæн... — Сывæллæттæ дæр дын нæй? Цæуылнæ рахицæн вæййыс уыцы фыдадæмæй? — Цæй сывæллон мын ис, дæ нывонд фон? — уыцы мæгуыргъуызæй йæм бакаст. — Уыдис мын лæппу. Аст азы йыл сæххæст, афтæ йæ иу зымæгон бон мæ кæрæф хицау уæртæ фæсхъæумæ йемæ акодта. Мæхъийæгтæ, дам, æрбахæссæм æмæ, дам, сæ хосгæрдæнмæ сцæттæ кæнæм, мауал ыл æрцæуа иннæ хосгæрдæн. Лæг зыдта зæй æрцæуæнтæ йедтæ æмæ йæхи къуылдымырдæм байс- та. Лæппумæ йæ хъус не ’рдардта, æвæццæгæн, æмæ йæ зæй æрæййæфта иу лæнчы. Уалдзæгмæ йын йæ мард уаргæ дæр нал скодтам, — йæ зæрдæ суынгæг ис, мæ- гуыр, æмæ йæ бон дзурын нал уыд. Иæ цæссыгтæ фе- мæхстысты Цуцайæн дæр. — Ныр мын æй ме ’фсон кæнынц, — чысыл куы фæсæрæндæр ис, уæд дзырдта ус дарддæр. — Лæппуйы, дам, цæмæн ауагътай? Дæ- хæдæг, дам, цæуыл нæ ацыдтæ? Ахæмæбуалгъ тугтæ мыл мысынц æмæ мын мæ туг дойныйæн нуазынц... — Æмæ дæ цæгатмæ ацу. Цы сын дæхи хæрын кæ- ныс? — Кæдæм фæцæуон, уый мын куы уаид, уæд бæргæ фæцæуин, фæлæ дын æрдæбон уый куы загътон, чызгæн йæ мад куы амæлы, уæд-иу йæхæдæг дæр хъуамæ амæ- лкд: Мæ мад мæнæй æвгъæдæй нал сыстад. Мæ фыд дæр уайтагъд амард уый дудгæбонæй. Мæ фыды ’фсы- 356
мæрмæ баззадтæн æмæ уыдон та йæ усимæ ноджы фыддæр. Адон ма мын æцæгæлæттæ сты æмæ сын се ’фхæрд дæр лæг уромы. Хионы æфхæрд ноджы зындæр хæссæн у. — Идæдз „сылгоймагмæ уый æнцон бадзурæн нæу, дæ нывонд фон, — хæстæгдæр æм бабадт Цуца. — Зын у идæдз сылгоймагæн ахæм ныхæстæ зæгъын, фæлæ дæм бауæндон: дæ амонд æндæр ран бацагур. Сылгой- магæн цыхуызæн фæнды сæры хицау ма уа, уæддæр ын уыимæ æнцондæр цæрæн у. Бацагур ногæй дæ амонд. Цы дæ уромы ам? — Æмæ кæм бацагурон? Ардæм цæугæ ничи кæны, м’æнæн та ацæуæн никæдæм ис, — йæхи бакъултæ кодта. — Хæдæгай, афтæ куы загътай, Тыны хъæуы, дам, мын дард хæстæджытæ ис, чи сты, чи? — Деттæ Хадзыйы ус, Нинуца, не ’рвадæлты чызг у... — Æ, йæ нывонд фæуон Нинуцайæн, кæд уый уд æмæ зæрдæ у, — цыма Нинуца йæхæдæг уыд йæ цуры, афтæ атыхст Цуца ацы усыл. — Нинуцатæм рæхджы чын- дзæхсæв уыдзæн. Иæ чызг Заре чындзы цæудзæн... Æрис- ма, иу ныхас дын зæгъон, дæ низтæ, æмæ мæ коммæ бакæс.’Нæ фæфæсмон кæндзынæ. Æз дын сомы ракæн- дзынæн, чи мын ис, уыдонæй, куыд нæ фæфæсмон кæн- дзынæ... — Цы хъуыддаг у, дæ фыдыстæн? — уыцы цымыди- сæй йæм бакаст. — Ардæм ахæм фыд дам-думтæ цы лæппуйæ (ныр æй лæг нæ фæлæ лæппу схуыдта) æрбайхъуыст, уымæн бинонтæ нæй. Арвæй ма йын зæххы ’хсæн уыцы хъæуы ис йæ фыды ’фсымæры лæппуйы ус. Гъе, æмæ йын агуры бинонтæ. Уыцы чындзæхсæвы æфсон куы ’рцæуис нæ хъæумæ. Æз дын уыцы лæппуйы базонгæ кæнин, æмæ кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дзы смой кæнис. Дæ зæрдæ- мæ та æнæмнг фæцæудзæн. Мæ мард фен, кæд истæуыл фæфæсмон кæндзынæ. — Алæ, дæ фæхъхъау фæдæн, кæд æцæг æрра у, уæд... — уыцы тæригъæддаг къултæ бакодта йæхи. — Уыцы дам-думтæ кæмæй рацыдысты, уый æз зо- нын. Уый бындзæй дæр пыл ацаразынмæ рæвдз у, йе ’взаг бахус уа, фæлæ йæ дæхæдæг фендзынæ. Мæ мард фен, фæцæудзæн.дæ зæрдæмæ. Дæ файнуст та, уыцы лæппуйæн йæ фыды æфсымæры лæппуйы ус, уый дæр идæдз у, фæлæ уырдыгæй фæцæуинаг никуыдæмуал у, гъе, æмæ дæм уый хойы зæрдæ кæд нæ дара, уæд-иу 357
мын мæ цæсгомыл бату кæн. Лæппу та у сабыр,'кусаг. Уыдзæн уын сывæллæттæ. Дæ файпустгондимæ сæ иумæ хъомыл кæндзыстут æмæ... — Дæ дзыхы сæкæр куы уаид, æмæ ацы бирæгътæй куы фервæзин, фæлæ... — Æппындæр тæрсгæ мацæмæй кæн. Чындзæхсæвмæ. æрцу æмæ йæм уым дæхæдæг бакæсдзынæ. Кæд ыл, мыййаг, истæмæй дæ зæрдæ бахуда, кæд дзы исты дæ зæрдæмæ нæ фæцæуа/уæд дыл тыхæй чи у? Рацæудзынæ мæнæ дæ фæрныг хæдзармæ... Дыууæ сылгоймагæн дæр сæ хъуыддæгтæй сæ зæр- дæтæ афтæ схъылындз сты, æмæ ма Цуцайы æндæр исты хъуыддаг уыдис æви нæ, уый дзы йæ фæсонæрхæ- джы дæр никæмæнуал æрцыд. Кæрæдзийы къухтæ рай- стой. Бадзырдтой, чындзæхсæвы бон куыд фембæлдзы- сты, уыдæттыл, æмæ Цуца рухс зæрдæйæ рацыд йæ хæдзармæ. Ус дæр ын ныцы уæлдай загъта, хæдзармæ, дам, дæ бæргæ фæхонин, бæргæ, дам, мыл æмбæлы, фæлæ дæ кæдæм фæхонон? Нæ дыууæйы дæр, дам, расурдзысты æмæ, дам, ныххудинаг уыдзынæн... «Иæ файнустгонд мæхæдæг кæй дæн, уый йын кæй не ’схъæр кодтон, — фæндагыл цæугæйæ хъуыды кодта Цуца. — Мыййаг, уæдта ардыгæй чындзæхсæвы бонмæ айонг æрбахæццæ сты, уыцы фыдбойнаджы Гæбæцион мæнæн мæхи тыххæй цы ныхæстæ айтыдта, уыдон, уæд ацы ус фæтæрсдзæн, йæ зæрдæ мыл бахуддзæн æмæ нал æрцæудзæн чындзæхсæвмæ». * * * Чындзæхсæвмæ бирæ рæстæг нал уыд æмæ уый хыгъд Цуцайæн фæзынд бирæ куыст, бирæ фыдæбон. Хуыга, æцæг раздæрау туджджыны цæстæй нал каст сылгой- мæгтæм, раздæрау сæ тынг нал тарст, фæлæ-иу хатт фæзыгъуыммæ ис йæ зонд æмæ-иу уæд цæхгæр ныллæу- уыд Цуцайы ныхæсты ныхмæ. — Сылгоймæгтæ æгъатыр сты. Искуы мæ æууæнкæй, науæд та фынæйæ ныргæвддзæн дæ Зæрæда, — куы-иу фæхæццæ ис йæ зонд, уæд-иу афтæ дзырдта. ’— О æмæ, уæдæ, мæнæй цæуылнæ тæрсыс? — æу- уæндын-иу æй кодта. (Цæмæй сылгоймæгтыл æрæууæн- дыдаид, мауал сæ тарстаид, уый тыххæй-иу æй арæх 358
сæхнмæ схуыссын кодта Цуца, иунæгæй, дам, тæрсын æмæтиу æй уый æфсон æрбасайдта сæхимæ). — Цæуыл- нæ тæрсыс мæнæй? — Ды иннæ сылгоймæгты хуызæн нæ дæ... — 0, æмæ уый дæр раст мæн хуызæн у... — Куыд дæу хуызæн?—ам-иу æй уыцы тарстгъуыз- æй афарста. — Дæуау дьгнджыртæ конд, фидар æмæ тыхджын у? — Нæ, мæнау сабыр æмæ хæларзæрдæ. — Æмæ асæй та куыд у? "—Мæнæй бирæ къаннæгдæр, къæсхуыр. — Уæд хорз, — иугæр стыртæ конд нæу, уæд дзы афтæ тынг нæ тарст æмæ-иу сразы ис. Чындзæхсæвы бонмæ йын Иласæн йæ сæр сæлвынын кодта, йæхи йæхæдæг ныддаста, ныннадта йæхи. Цуца йын йæ псултæ ныйиту кодта (уый размæ йын дзыхъ- хъынног дарæс балхæдта). Æмæ уыдоныл уыйбæрц фыдæбон ницы хъуыд, фæлæ йьш цас амыдта! Йæхи куыд дара сылгоймаджы цур, уый йын амыдта, фæлæ йæм ничердæм хъардта æмæ-иу уæд Цуцайы скæуынмæ ницыуал хъуыд. — Ой, Цуца, кæд йемæ баныхас кодтай, уæд ма мæ- ныл цæй дзурын æмбæлы? — стыхстис-иу йæхæдæг дæр Цуцамæ кæсгæйæ. — Кæрæдзи фендзыстæм, кæд фæ- цæуон йæ зæрдæмæ, науæд ын цы хъуамæ саразон?— скæуынæввонг-иу ис. ^ ’ — Сылгоймаджы зæрдæ фæлмæн, уæздан ныхасæй тасы, — дзырдта-иу ын уæддæр. —Иæ цуры уыцы го- бийы лæуд куы кæнай, уæд... — Цæй, хорз, истытæ лæхурдзынæн, — йæ къух-иу ауыгъта Хуыга... Хъæубæсты исты хъуыддаг куы вæййы, уæд кæддæ- риддæр Цуца лæггад фæкæны, фæлæ ацы хатт хъуамæ йæ къух, мацæмæ фæкæна, — афтæ аскъуыддзаг кодта. Хъуамæ’Хуыга æмæ Зæрæдайы фæдыл зила, цæмæй ма- цы рæдыд æруадза Хуыга, науæд се ’хсæн æвзæр æвзаг мачи байтауа. Æниу, уыцы иу адæймагæй дарддæр йæ зæрдæ никæмæ æхсайдта, фæлæ уый йæхæдæг æнæхъæн хъæубæсты æмбæрц у уыцы хъуыддаджы. Æмæ ницæмæ фæкæсинаг уыд æндæр, фæлæ йæм Хадзыйы ус, фыдæ- нæнгæнагау, чындзæхсæвы размæ бон æрбацыд. Æрба- цыд æм æмæ йыл балæгъстæ кодта: — Цуца, ацы хатт мæм хъуамæ фæкæсай. Æнæуый дæр лæггад фæкæныс, фæлæ дыл ныр хъуамæ стырдæр 359
\ хæс сæвæрон. Госæ мæм йæхæдæг æрбацыд, куыкдæр, дам, мæ сæрæн нæ дæн æмæ, дам, сылгоймæгты митæм хъус дарын мæ бон нæ бауыдзæн фæлæ, дам, искæй ссар. Æмæ, зæгъын, уæдæ, ныр кæй æркæнон? Æмæ мын дæу банымыгъта. — Æмæ æз цызонын ахæмтæн? — йæхи фæтылиф кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын тынг ныллæгъстæ кодта. Стæй, дам, дын æнæхъæн бинонтæй иу æртæ боны дæр бакусдзыстæм. Цы бон æй уыд? Сразы... «Цæй, мыййаг мæ сæ хъуыддæгты къæдзилыл бæтгæ куы нæ ныккæндзысты, — хъуыды кодта йæхинымæры Цуца. — Куыстытыл æндæрты бафтаудзынæн, мæхæдæг та сæм, змæлгæ-змæлыц дæр, мæ хъус дардзынæн. Кæд мын сразы уой, уæд сæ аивæй-фæсфæдтк мæнæ нæхи кæртмæ æрбакæндзынæн æмæ уым абаддзысты. Æнæ- уый та мын уый, чи здны, пайда дæр фæуа. Хадзы дæр æмæ йæ бинойнаг дæр хъуыддаг куы бамбарой, уæд ма мæ фарс дæр, чи зоны, фæхæцой». — Хорз, Нинуца, æппæт дæр сараздзынæн, дæу куыд фæнды, афтæ. Ахæм фынгтæ ма æрæвæрæм æмæ сæм нарты фæссивæд дæр хæлæг куыд бакæной, æрмæст... — фыццаг æм йе ’нгуылдз батылдта, стæй йын йæ цæнг- тæ йæ астæуыд æрбатыхта. — Иу хъуыддаджы тыххæй дын лæгъстиаг дæр дæн æмæ дын цы зæгъон* йæ зо- нын, æндæра... — Цы хъуыддаг у, дæ судзгæ мæрдты стæн, куы нæ мын æй зæгъай? — йæ уæхсчытыл ын фæстæмæ ахæ- цыд, йæ цæсгоммæ йын дзæбæх куыд кастаид, афтæ. — Хъуамæ бахæстæджытæ уæм, — суагъта йæ æмæ йæ загъта. Йæ хурсыгъд цæсгомыл цыдæр æфсæрмы мидбылхудт арæдзæ.мæдзæ кодта, афтæмæй сдзырд- та: — хъуамæ бахæстæджытæ уæм, кæд хуыцауы ба- фæнда, уæд. Æрмæст мын ды дæр хъуамæ феххуыс кæнай. Дзыхы ныхасæй мын хъуамæ феххуыс кæнай. — Цæй-ма, зæгъ мын æй, — батагъд ыл кодта Ни- нуца. —Мæнæй гæнгæ цы уа, ууыл дызæрдыг_ма ба- кæн, æнæуый та... Фæлæ уал мын æй зæгъгæ кæн. — Ацы æнамонд уæзæджы дудгæбон мæ бынтон ба- домдта, Нинуца. Уыцы мæгуыр мын фæстæмæ дæр уый фæзæхста, æмæ уыцы фæдзæхст мæ зæрдæйæ нал хи- цæн кæны. Ноджы мæм фыны æгъдауæй, стæй æнæуый дæр æндæрджы хуызы цæуы æмæ мын куы ныллæгъстæ кæйы, уæд мæ зæрдæ фæцæйтоны. Гъе, æмæ зилын. Æгас комы, стæй фæрсаг кæмтты хъæутыл дæр æрзылд- 360
тæн, зæгъын, кæд искуы, мой кæнын кæй фæнда, ахæм идæдз, науæд абадгæ чызг ссарин, Хуыгайæн мын усæи чи сразы уа, ахæм. Сылгоймæгтæ бирæ, фæлæ мæнæ ацы саубонæй баззаинаг! О, æмæ йæ уыйбæрц æвдæл- гæ та куыд кæны, дæлзæхх фæуа. Фæзылд алыран æмæ дзы алывыдтæ фæдзырдта. Ноджы ма йæхæдæг дæр цы. нæ дудгæбæттæ фæмысыд. Æмæ кæмæн ской кæнын, уый мын мæ разы бæндæнтæ айтауы. Æз уæддæр нæма басастæн æмæ та æрæджы уыдтæн Дыууæдоныастæуы. ’ хъæуы. Фембæлдтæн дзы уе ’рвадæлты чызгыл. Уымæн дæр йæ лæг хæсты фесæфт. Тынг æвзæр ын сты йæ лæ- джы бинонтæ. Цæгатырдыгæй дæр^ ыл нæй хуыздæр бон. Сидзæр чызг у... — Зæрæда ма уа? — йæ ныхас ын фескъуыдта Ни- ’нуца. — Уый у, уый дæ нывонд фон, фæлæ-иу ме ’вварс фæхæц æмæ стæй æз зонын æмæ... — Уый бæргæ дзæбæх чызг у, фæлæ... — Æрмæст мын разы суæд, æндæр æм дæ зæрдæ мацæмæй -фехсайæд,— ныр та йын Цуца фескъуыдта йæ ныхас. —Æрмæст мын сывæллæттæ ныйарæд, стæй йæ уыцы сывæллæттимæ æз мæхæдæг дардзынæн. Хуыга дæр раздæры хуызæн нал у. Ноджы æрчырыстон уыдзæн. Кусдзæн æмæ... — Алæ, æмæ æнæуый дæр, уæлдай ныхас ницы кæны,. хъыг никæй дары æмæ æндæр. Уыцы æнæхайыры дур- тыл бафтыд æмæ сæ уидзæд. Уымæй кæмæн цы аразы æвзæрæй? — О, æмæ дæ нывонд фæдæн... Уырдæм дæр бахæц- ’ цæ, æрра, дам, у, бынтон сæлхæр. Хъæубæстæ, дам, дзы сæ хъуырмæ сты... Фæлæ ма сæм уымæй дарддæр ацы цъаммар йæхæдæг цы бафтыдта, уыдон нæма зоны уый. Мыййаг æм ам дæр ма баххæссæд æмæ... — Тæрсгæ ма кæн, Цуца, — ныфс ын авæрдта Ни- нуца. — Уый мæ уæзæджы тæфтыл нæ ацæудзæн. Хæс- тæг дæр куы ’рбацæуа, уæд æй мæхæдæг хъиладзагъд- æй фæсурдзынæн. Æнæуый та сæ куы æриумæ кæнай, уæд сæм мæхæдæг дæр мæ хъус дардзынæн æмæ... Мæгуыр дæ бон фæуа, Цуца! Куыд ныррухс ис йæ* зæрдæ! Раст цыма йæ ныййарджыты удæгасæй ссардта æмæ уыдон æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсы абон, афтæ ныррухс ис йæ зæрдæ æмæ фырцинæй фыццаг Нину- цайæн фæхъæбыстæ æмæ фæпъатæ кодта, стæй — Хуы- гайæн. 361
— Ць\рд мын фæлæу абон, дæ нывонд фæуон, æмæ рæхджы нæ уæзæгыл дæр уыдзæн чындзæхсæв... — Тæрсын, Цуца, — йæ ног дарæсы æнæуый дæр тыхстис Хуыга æмæ ноджы ныргъæвстгъуыз ис. -—Тæрсгæ ма кæн. Нинуцайы æрвадæлты чызг у. Æз Нинуцайæн дæр загътон. Уый дæр нæ фарс фæхæцдзæн. Кæд фадат фæуа, уæд уæ хибарæтты ардæм, науæд уæр- тæ нæхи хæдзармæ ракæндзынæн. Фæстæмæ-иу. ма фæ- хæц. Дæхи уæзæгыл та дзы цæмæй тæрсыс? — Цæй, хорз, — Хуыга йæхæдæг дæр цыдæргъуызон схъæлдзæг æмæ Цуцайы æфцæджы атыхст. — Хорз, Цуца, æз дæ коммæ кæсдзынæн... Цуца уæды хуызæн хъæлдзæг никуы уыд æмæ йыл чидæртæ сæ цæст æрæвæрдтой. Чидæртæ йæм дзырд- æппарæнтæ дæр бакодта: — Дæ хуыцауы тыххæй, цыма дæ хæдзармæ цæуы чындзы Заре, уый хъæлдзæг куы сдæ, Цуца, уæд ды хабар у? — афарста йæ иу сылгоймаг. Цуца йæ цæст ахаста, уым чи уыд, уыдоныл. Йæ цæстæнгас ын дзы ничи фелхынцъ кодта æмæ уæд уый дæр нал амбæхста йæ цинаг. ’ ; — Рæхджы уын хъуамæ æз дæр чындзæхсæв бахæ- рын кæнон, фæлæ мын цырд фæлæуут. — Æмæ?.. — фæйнæрдыгæй йæм дызæрдыджы каст ^æрбакодтой. — Цы фæджихау стут? — фæхудт Цуца. —Мыййаг мын мæхицæн куы нæ стут чындзы фæцæуын æнхъæл? Уæртæ Хуыгайæн хъуамæ æркæнон ус... — Æмæ?.. — Ногæй та уыцы дисгъуыз фарст. Цуца сын, йæ дзырдтæ æмбæхсгæ, радзырдта, хъуыд- даг куыд у, æмæ дарддæр куыд цæудзæн, уый. Ницы дзы басусæг, кодта. Йæ зæрдæ тынг рухс уыд æмæ дзы æмбæхстæй ницыуал аззад. Ницыуал дзы аззад æмæ... Æ, йæ хъусы барабантæ аскъуыйой, дардмæ дæр. искæй æмбæхст хъуыдытæ æмæ дзуринæгтæм къæрцц- хъусæй чи фæхъусы, уымæн! Гæбæционы хъустыл æр- цыдысты ацы ныхæстæ æмæ йæхинымæры йæ рихи адаудта. «Уæдæ ам чызг ма уæд, кæд уыцы къахбай Тыны хъæуы æнæхсад хуытæн чындзæхсæв бахæрын кæна, уæд», — бардхъирæн кодта æмæ... Цуца архайгæ дæр кодта æмæ Дыууæдоныастæуы- рдцгæй хъæумæ æрбацæуæн фæндагмæ дæр йæ хъус дардта. Хатт-иу фæсхъæуы онг уайгæ дæр бакодта. Æмæ ма уыцырдæм æндæр хъусдарæг дæр кæй ис, уый куы 362
зонид, бæргæ. Куы пæ зонид, уæд ахæм бæллæхтæ æрг цæуид Тыны хъæуы æмæ чындзæхсæвы мæт дæр ничи- уал æркæнид, фæлæ... Мæнæ йæ хæлар устытæн цы загъ- та, æндæр йæ къахы бынмæ дæр кæй тыххæй никуы-ма ныдздзырдта, уыцы хъуыддаджы фæдыл исчи зилдзæн æмæ йæ хъахъхъæндзæн, уымæн та цы хъуамæ зыдтаид?! Зæрæда фæзынд фæсаходæнмæ хæстæг. Фæсхъæу, раст кæрдоджын къохы фембæлдысты Цуцаимæ. Сæр- магондæй уый размæ кæй рацыд, уый йып.не ’схъæр кодта Цуца. Мæнæ,'дам, торнейы пыхсытæм рауадтæн. Тынг бацин.кодтой кæрæдзиуыл. Цуца йын ныр загъта, Хуыга йын цы бавæййы, уый æмæ дзы хатыр ракуырд- та, ибон ын æй кæй не ’схъæр-кодта, уый тыххæй. Куыд- дæр, дам’, тыхст уыдтæн, стæй, дам, ды дæр тыхст уыд- тæ æмæ, дам, мын уый тыххæй аззад, стæй та, дам, мæ цæсгом нал схъæцыд. Зæрæда уыцы хабарæй чысыл фæтыхст, фæлæ стæй æрсабыр æмæ ныридæгæи йæ хисдæр файнусты цæстæй ракаст Цуцамæ. Æхсызгон * дæр ма йын уыд. Иумæ, дам, иу бинонты цард кæндзы- стæм æмæ... Рагацау æй бафæдзæхста, адæмы цæстæй цæмæй хызт уой, уый тыххæй сæ аиврæтты йæхи хæдзар- мæ кæй бакæндзæн æмæ сыи уым сæ ныхæстæ фæкæ- нынæн хуыздæр фадат кæй уыдзæн, уый тыххæй. Зæ- рæда исдуг нæ разы кодта. Цыдæргъуызон тарст, фæлæ йын Цуца загъта, зæгъгæ-иу, уæ æз арæх абæрæг кæп- дзынæн æмæ уæд... Дзæбæх цыдысты хъуыддæгтæ. Хуыгайæн Зæрæдайы фендæй йæ зæрдæ афтæ æрфæлмæн æмæ цыма никуы • дæр дуртæм уыд мæсты, никуы дæр æндæр искæмæ, ахæм хуыз ын уыд. Фыццаг æм цыдæр æфсæрмытæ гæнгæ дзырдта, фæлæ йыл Цуца уыцы барджыны буцтæ скод- та. — Чысыл сывæллæттæ нал стут уæ дыууæ дæр æмæ кæрæдзимæ ’хъуызгæ каст ма кæнут. Дзæбæх аныхас кæнут. Æз дæр та уæ рæхджы абæрæг кæндзынæн. — Цæй, нæхæдæг дæр... Мыййаг нæ гакк-гукк куы нæ фæсайдзæн, — йæ мидбылты бахудт Хуыга æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта:—уазæджы афтид фыыгыл ба- дын кæнын аив нæу. Истытæ нын æрæвæр фынг’ыл. — Уымæй дæр раст дæ, фæлæ, къуымты цы ис, уый дæхæдæг дæр зоныс. Чысыл уал аныхæстæ кæнут. стæй, кæм цы ис, уыдон ды Зæрæдайæн амондзынæ æмæ уæ- хæдæг æрæвæрут фынг. Мæн не ’вдæлы. Нинуца мæ амардзæн. 363
— Ацу, уæдæ, ацу. Дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд. Уым истæмæты фæкæс, — ныфс та йын авæрдта Хуыга æмæ... Цуца ма сæ уæддæр иу дыууæ хатты абæрæг кодта,. фæлæ сæм йæ зæрдæ æвзæрæй куы ницы фехсайдта, уæд сæ ныууагъта сæхи адыл æмæ æгасæй чындзæхсæвы хъуыддæгты аныгъуылд... Гæбæцион æппæт адæттæм йæ хъус дардта æмæ, Цуца куынæуал каст сæхирдæм, уæд уый та йæ ведра райста æмæ... Цуцаты къæсæрыл ахæм лæуд бакодта, раст æм цыма уыцы хæдзары æрвылуысм дæр æнæрхъæцгæйæ æнхъæлмæ кæсынц йæ хæлæрттæ æмæ сын бахæсдзæн стыр циндзинад. Балæууыд къæсæрыл. Фыццаг бахоста дуар. стæй йыл бахæцыд æмæ... Хуыга æмæ Зæрæда бадтысты стъолы фæйнæ фарс- мæ, бадтысты ныхæй-ныхмæ. Бадтысты æмæ сæхицæн адджын ныхæстæ кодтой, фæлæ дуары æнæнхъæлæджы æрбайгомæй дыууæ дæр фестъæлфыдысты. Нырма сæм Цуца кæй не ’рбацыдаид, уый зыдтой, фæлæ нæ, зæгъ- гæ, кæд хынджылæг кæны, уый æнхъæлæй фæкастысты гом дуармæ æмæ... Хуыгайæн уайтагъд йæ цæсгом асау. Иæ дæндæгты хъыррыст куыд ссыд, уый бамбæрста Зæрæда æмæ йæм уыцы дисгъуызæй фæкаст, стæй та гом дуарырдæм фæзылд. Уым ныр ничиуал уыд. Гæбæ- цион хæстæг бацыд Зæрæдамæ. — Уый уазæг куы ис ацы усмæ æмæ йæхæдæг куьг нæ ис бынаты. — Сылгоймагыл фæлтæрд базаргæнæгау йæ цæстытæ фæйнæрдыгæй рахæсс-бахæсс кæны, афтæ- мæй дзуры Гæбæцион. — Хадзытæм ис Цуца, — буцтæгъуызæй сдзырдта Хуыга. — Уый дæр хорз у, — цыдæр хинæйдзаг пыррыкк фæкодта Гæбæцион æмæ йæ былтæ ацахста. — Йæхæ- дæг чындзæхсæвмæ, йæ уазæг та... — ноджы та фæпыр- рыкк кодта. — Цы пыррыччытæ кæныс, хорз ус? — йæ митæ нæ фæцыдысты Зæрæдайы зæрдæмæ æмæ йæм зулмæ скаст. — Кæд дæ исты хъæуы, уæд æй махæн зæгъ. Ацы хæ- дзар абон мах бæрны ис æмæ дын ацараздзыстæм дæ къух... т— Æцæг, æцæг, — фæрæвдз ис Хуыга дæр. — Ныхасаг мæ уыд йемæ, — къуымты акаст æмæ стæй æрбадт Зæрæдайы фарсмæ. — Цæй, ницы кæны. 364
Уыйбæрц ныхасаг дæр мæ ницы ис, фæлæ йæ æз ам æнхъæлдтон æмæ... — Рæхджы зындзæн. Кæд чындзæхсæвмæ йæ тагъд кæныс, уæд æм бапхъæлмæ кæс, — ныфсæвæрæгау ын бакодта Зæрæда. — На, алæ, ницы тагъд кæнын чындзæхсæвмæ дæр, фæлæ... Ды, мыййаг, йæ хо дæ* Цуцайæн, æви сын æн- дæр исты хæстæг баххæссыс? — баздæхт Зæрæдайыр- дæм. — Иæ хо нæ дæн. Хæстæг дæр мын ницы баххæссы. Æнæуый зонгæ стæм, — æвæндонæй йын дзуапп радта Зæрæда. — Зонгæ дæр хорз у, фæлæ... — Цæй. сымах уал аныхас кæнут, æз фæстæдæр æрбаздæхдзынæн,— Хуыгайы нæ фæндыд Гæбæционы ныхæстæм хъусын, стæй йын йе ’рбацыд дæр хъыг уыд æмæ дуармæ йæхи асайдта. Цыд уыцы æвæндон æмæ уæнтæхъилæй. Къæсæрæй куы ахызт, уæд Гæбæцион йæ фæдыл ахъус дардта, стæй ныпыррыкк ласта æмæ, цыма йæ худын зынæй уромы, уыйау йæ былтыл хæцы, афтæ- мæй дзуры: N — Кæсыс дæ хæлармæ, цы хуызæн мой йын ис. Их /кæуыл æрцæуы, ахæм карчы хуызæн нæу? — ацы ны- хæсты рæстæджы уазæджы цæсгоммæ аивæй каст, æн- дæра йæм, зæгъгæ, ме ’нæнхъæлæджы ныхæстæ куыд бандавиккой. Уымæн йæ цæсгом фыццаг асау, стæй афæлурс. Йæ мидбынаты тыхст тæлфт скодта, фæлæ . цыма Гæбæцион уыдæттæ нæ федта, уыйау дзырдта дарддæр: — иунæгæй куыд уæндыс йæ цуры, быпдары чызг фæуай? Куы ферра вæййы, уæд ын æгас хъæу куы ницы фæразынц. Уæнгтæ саст æмæ сæ стæгхъæнтæ куы ■фæкæны, уæд дзы ды куыд нæ тæрсыс? — Æмæ дзæбæх, сабыр ныхæстæ куы кодта, — уыцы комкоммæ йæм куы каст ус, уæд фæтыхст Зæрæда æмæ сдзырдта уый дæр. — Йæ хæйрæджытæ йæ бьтны нæма фæмидæг сты, æвæццæгæн, æмæ... Йæ ус дæр дзы уынгæджы у, мæ- гуыр, — цыма тынг мæт кæны Цуцайыл, уыйау йæ хъæ- лæс ныууымæл кодта барæй.—Æхсæв иу цъусдуг æр- цæуы йемæ æмуат, стæй дзы йæхи асайы. Дуар ыл æд- дейæ сæхгæны æмæ æндæр уаты схуыссы. — Фæлæу-ма, хорз ус, æз афтæ куы фехъуыстон, цыма йын ус куры, — Гæбæцион цыма хахуыртæ кæны, афтæ зыны Зæрæдамæ æмæ йæ къахæджы фарст кæ- 365 -
ны. — Кæд Цуцайæн йæ мой у, уæд ма йын ус та чер- дæм куры? — Бахатыр кæн, мæ чызг, — йæ былтæ йæм хæстæг бахаста æмæ йын йæ хъусы цур дзуры. — Мæ чызджы цахъхъæн дæ æмæ мыл дæ цуры ахæмтæ дзурын не ’мбæлы, фæлæ уæддæр сылгоймаг сылгоймаджы бамбар- дзæн. Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, æхсæв сылгойма- джы сынтæгæй йе ’фсис нæ зоны. Цуца дзы афæлмæ- цыд. Стæй ноджы æнхъæлцау у æмæ тæрсы, исты, дам, мыл куы æрцæуа тыхархайдæй. Гъе, æмæ йын уый тых- хæй агуры, æхсæв дæр ын йæ къух чи араза æмæ йæм, куы-иу ферра у-а, уæддæр чи кæса, стæй сæ дыууæйæн дæр лæггад чи кæна, ахæм. Уæдæ! Уæдæ ма йæ хорз лæгæн дыккаг ус кæцы сылгоймаг бацагурдзæн? — Æцæг сывæрджын у, æз дын амæлон? — уыцы дисгъуызæй йæ куы афарста, уæд æм уый дæр фездæхт. — Ай дын мæ къух, кæд дæу йæ файнуст бакæнын- мæ нæ хъавы æмæ дæ уый тыххæй нæ ныууагъта Хуыга- имæ иумæ, — цыма хъуыддагæн æппындæр ницы зыдта, ахæм хуызы загъта æмæ ма йæ(ныхасмæ бафтыдта: — Æ, ме ’нæзонд сæр, — батъæпп кодта йæ сæр. — Сыл- гоймаг айбæрц базæронд уа, æмæ ахæмтæ ма хата. Уæ- дæ æнгеуый йæ фист калæг куыдзы хуызæнæй куы фæ- цæуы йæ лæг, уæд æй абоы кæдæм рацарæзта? Цыма йæ æцæгæй усгур æрвиты, уый арæзт æй цы ракодта?.. ’ ’—Алæ, цытæ дзурыс, æз мæпæ æнæуый... — бæргæ- ма дзырдта Зæрæда, йæхи рæстытæ кодта, фæлæ йæ хъæлæс йæ коммæ нал каст... — Хорз, мæ чйзг, хорз, — йе 'уæхск ын æрхоста Гæ- бæцион. — Смой дзы кæн. Иу цъус дыи зын уыдзæн, фынæйцух кæй æййафдзынæ, уый тыххæй, фæлæ ницы кæны. Сылгоймаг фæразону... — Цæмæн æййафдзынæн фынæйцух? — фырдисæй йæ- хи нал баурæдта Зæрæда æмæ йæхй раргом кодта, фæлæ та ам дæр Гæбæцион ницы бамбарæджы хуыз равдыста. — Æхсæв цæ лæг нæ уадздзæн фынæй кæнын. Ахъуы- ды ма кæн... Афтæмæй сылгоймагæн цæй фынæйгæнæн ис? Бон та дæ ус нæ уадздзæп. Куыст бирæ. Йæхæдæг. ма кусынтæ йеттæм кæм тасдзæн, стæй лæгмæ дæр æдзух хъус дарын хъæуы æмæ уый дæр дæ бæрны уы- дзæн. Уæдмæ дзы сывæллон дæр фæзындзæн æмæ... — Ахæмтæй йæм æз куы ницы фæхатыдтон, — уæд- дæр ма цыдæр хъæмпы хæлттыл фæхæцыныл фæлвары, 366
мæгуыр, Зæрæда, фæлæ йын сæ Гæбæцион йæ къухтæй стоны: — Дæу, мæ чызг, фырцинæй уыдæттæм кæсын нал æндæвта, ^науæд йæ гуыбын йе ’ттаг фарс куы ис. Куыд нæ^ йæ фæхатыдтай? Цæй, ницы кæны. Сывæллон куы райгуыра æмæ дын уый дæр дæ бæрны куы бакæна дæ файнуст, уæд æй фæхатдзынæ. Уæдмæ та дæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны... Цæй, хорз байрай. Нырæй фæ- стæмæ нæ хъæуы уыдзынæ æмæ-иу дæ ауындзынæн. Ног чындзытæ алыхатт дæр мемæ хæларæй фæцæрынц, — загъта ма уæлдай зæрдæсæттынæн, стæй рацыд зæрдæ- хъæлдзæгæй. Допырдæм араст афтæ хъуыдытæгæнгæ: «Ныр æрбалæууæд мæ разы уыцы къахбай. Сæрæй мæм пырмæ уæндыдысты. Мæ лæппу цалынмæ къаннæг уыд, стæй та æфсады уыд, уæдмæ мæм хорз уæндыдысты. Ныр бафæлварæд сæ кæцы фæнды дæр. А чызг ын кæд йæ иу къахыл лæппуйы не ’рлæууын кæна æмæ йæ ин- нæмæй та фадгæ не скæна». ...Гæбæцион æгæр æрæгмæ куы цыд, уæд Хуыга смæ- сты ис æмæ ацыд Цуцамæ. Уый тæккæ хыссæ нæмыныл уыд’ арынджы. Хуыга йæм уырдæм бацыд æмæ йын йæ хъусы загъта, Гæбæциоп нæм бацыд, зæгъгæ, æмæ æд- дæмæ нал хизы. — Æмæ цытæ дзырдта? Ды сæ цуры нæ уыдтæ? — Цуца дæр æй ныллæг хъæлæсæй бафарста. — Иу чысыл абадтæн сæ цуры, стæй æддæмæ рахыз- тæи... Цуца йæ къухтæ дæр нал ахсадта, афтæмæй расæр- рæтт ласта хæдзарæй æмæ фæдисы уадæй ацыд сæхи- рдæм. Фæстейæ ма йæм хъæр кодтой, цы ’рцыдис, зæгъ- гæ, фæлæ сæм уый уыцы иу хъæр акодта: «Уæ хъуыд- дæгтæ кæнут. Æз ныртæккæ фездæхдзынæн. Ахæмæй дзы ницы ис!» — уыдон дæр æй ныууагътой. Æрмæст Госæйæн йæ зæрдæ фехсайдта. Уый хъуыддæгтæ зыдта æмæ йæ зæрдæ фехсайдта. Хуыгайы пуæрдæм акодта æмæ йæ бафарста, стæй аивæй, иннæтæ куыд нæ сыз- нæт уыдаиккой, афтæ фыццаг сæхирдæм ацыд, стæй дæлæты æрбазылд æмæ... «Аргæвддзæн уыцы налаты, — хъуыды кодта йæхи- нымæры. — Куыддæр æвзæр исты зæгъа, афтæ йæ ар- гæвддзæн æмæ йæхи артыл дæр дон ауадздзæн». Къæсæры онг згъоргæ фæкодта Цуца, фæлæ ам æр- лæууыд. Хъуамæ чысыл улæфгæ дæр скæна æмæ ми- дæмæ дæр байхъуса. Фæлæ мидæгæй ницы хъуыст. Хат- 367
ну дзы цыма кæуыны хуызæн райхъуыст, æндæр дзы ныхас ницы цыд. Æмæ уæд бахызт мидæмæ. Зæрæда бадт стъолы фарсмæ æмæ куыдта. Куыдта зæрдæхалæн куыдæй. Цуца куы бахызт, уæд ын фыццаг йæ сывæрмæ фæкаст æмæ ноджы тынгдæр ныккуыдта. Ныр æй йæ цæстытæ афтæ сайдтой æмæ йæм уыцы къæсхуыр сыл- гоймаджы хауд гуыбын уыцы стыр æмæ тыппыр фæкаст. Раст æм сывæрджыны хуызæн фæкаст æмæ ноджы тынг- дæр,ныккуыдта: — Де ’гæр фæкалай, æцæг деттæ сывæрджын куы дæ, уæд мæ дæ лæгæн æхсæвы гобан æмæ боны хъалау- рийæн курыс? Æз дын мæ хъæстытæ куы фæкодтон, де ’гæр калай, уæд мæ ды де ’рра лæгæн хъахъхъæнæг æмæ æхсæвы ирхæфсæнæн куыд курыс? Куыд нæ дæм -бахъхъардтой, сылгоймаг уæвгæйæ, сылгоймаджы хъи- ^зæмæрттæ!.. — Æй, саубон мæ куыд баййæфта, — ныккуыдта Цу- ца дæр æмæ йæхи баппæрста Зæрæдайыл. — Фæкуырм мæ кодта уæддæр уыцы æнаккаг хингæнæг... — Ды нæ, æз уыдтæн нырмæ куырм, фæлæ сæ цæ- рæнбон бирæ хорз адæймæгтæн, — фырмæстæй йæ цæс- сыгтæ асур сты Зæрæдайæн æмæ уыцы хъæддыхæй уай- дзæфтæ кæны Цуцайæп, стæй йæ уыцыиу схуыст акодта æмæ дуарæрдæм лидзæгау акодта. Фæстæмæ ма æрба- дзырдта: — искуы ма дæ мæ кой скæнгæ куы фехъусон, уæд дыл мæ тиуты æмæ мæ хицауы бандзардзынæн. Уыдон дын бацамондзысты, кæйдæр сылстæгæй куыд хынджылæг кæнын хъæуы, уый. Сæхæдæг мын мæ туг куы баназой, уæддæр мыл сæ бар цæуы, фæлæ шæ лскæмæн нæ бауадздзысты æфхæрын. Ме ’вæндонæй мæм исчи куы сдзура, уæд ын уыдон æцæг лæджы митæ бакæндзысты... Цуца йæ фæдыл рауайынмæ хъавыд, фæлæ йæ уæр- джытæ йæ быны дыдæгътæ кодтой æмæ къæсæрыл æр- бадт. Иу дзæвгар абадт æмæ афтæ куыдта, афтæ дзы- нæзта, раст цыма йæ уæлтæрхæг дыууæ марды уыдис. Лфтæ иу цъусдуг, стæй йæ цыма исты хæрдмæ риуыгъгæ скодта, уыйау фестад æмæ фæндагыл дæр нал, фæлæ цæхæрадæтты кауы сæрты агæпп ласта. Уый хæдзармæ уыд балæбуринаг, йæ амæттаг та фæцис йæ разы: Гæ- бæцион донæй фæстæмæ уæлæты нал рауæндыд. Ам та ницы тас æнхъæл уыд йæхицæн æмæ уыцы хъалзæрдæйæ цыд сæхимæ. Æмæ йæ тæккæ размæ тымбыл дуры хауд куы ’ркодта Цуца уæлвæндагæй, уæд ма уыцыиу хъыл- 368
лист ныккодта, йæ донгарз ма фехста æмæ алидзынмæ хъавыд, фæлæ... стай цуаны кæй^ фæдыл рацæуа, уыцы хъугæн цæргæсау базыртæ куы разайа, уæддæр ын ни- цыуал баххуыс кæндзысты... Госæйæн иунæгæй йæ бон куыницыуал цыд, стæй дзы йæхиуыл дæр иргъæвæггагæй куы сæмбæлд дзæбæх- тæ-дзæбæхтæ, уæд ын æндæр гæнæн нал уыд æмæ фæ- дис ныхъхъæр кодта. Æмæ сæм’ фæдисонтæй фыццаг чи ’рбахæццæ,, уый уыд Гæбæционы фырт. Уыцы уæй- гуытæконд лæппу-лæджы уындæй Госæ йæхæдæг дæр (æвæццæгæн ма, мæгуыр, уый йæ хъуыдыйы уыд æмæ йæ хъус сæхирдæм дардта) Цуцайы къæхты бынæй куы ныхъхъæр кодта, амардтой мæ, зæгъгæ, æмæ-иу мын мæ туг æнæист ма ныууадз, уæд Госæ хъуамæ йæ размæ балæууыдаид æмæ йæ ахæм ныхасæй фæсастаид, зæгъ- гæ, хылгæнæг сылгоймæгтæм нæлгоймаг февнала ир- гъæвынмæ, уый нæ фæччы, фæлæ лæппу йæхæдæг фæ- лæууыд дæрддзæф æмæ йæм уырдыгæй, хиуылхæцгæ, æрбадзырдта: — Тæрсгæ ма кæн, мæ хорз мад, дæ туг дын æнæ- истæй нæ ныууадздзынæн. Бабыхс уал, цалынмæ дын иууылдæр ралæдæрса, уæдмæ, стæй æгас хъæуы куыйты æрæмбырд кæндзынæн æмæ дзы иу æртах дæр зæххы æнæист нал ныууадздзысты. Уый фехъусгæйæ Гæбæцион нырдиаг ласта æмæ ныхъхъæр кодта: — Æ, дæу хуызæн ницæйаг-иу цы мады гуыбыны сæвзæра, уый-иу йе ’вгъæддон лыстæнмæ куынæуал æр- хæццæ уаид. Уырдæм фæндагыл-иу йæ уд куы сисид, йæ гуыбыны цы ницæйаг гуырдз ис, уыимæ!.. Лæппуйы ныхæстæм Цуца куыддæр фæсæццæ ис. Длрдæй куы фæзынд æмæ Госæ куы батыхст, уæд æй уый дæр ауыдта. Уыцы мæстыйæ ивазгæ санчъехтæй куыд æрбацæйцыд, уый федта Цуца дæр æмæ дзы тæрс- гæ нæ фæкодта. Ныртæккæ йын ахæм зæрдæйы уаг уыд, æмæ йæм æгас хъæу куы растадаиккой хылмæ, уæддæр йæ гæрзтæ не ’руагътаид. Ахæм фыдссæндæнты искæй къухы, науæд та карды иæфæй куы фæмард уыдаид æмæ йæ æппындæр куы ницыуал æфсæрм уаид, ацы худинаггаджы мийы фæстæ адæм цытæ дзурдзысты, уын дæр куы нал фехъусид, уый йæ зæрдиагæй фæндыд æмæ æппындæр йæхи ницæмæй бахызтаид. Æхсызгонæй ба- цагуырдтаид мæлæт, фæлæ... Æмæ лæппумæ дæр йæ хъус дардта. Æнæнхъæлæджы йæ фыд цæф фæкæна, 24. Къæбысты 3. 369
йæхи иу цæфы бон уæддæр мауал фæуа, уый дæр æй нæ фæндыд... Æмæ лæппуйæ ахæм ныхæстæ куы фехъуыста, уæд фæсæццæ ис. Афтæ фæсæццæ ис, афтæ, æмæ йæм цæ- мæндæр афтæ фæкаст, цыма Гæбæционæн, кæй йæ фæ- надта, уымæй ахæм хæрзиуæг ракодта, æмæ пæм бын- тондæр чи не ’мбæлд, бынтондæр цæй аргъ нæ уыд. Ныр ма йæ иу хатт хъуамæ йæ къахæй бацавтаид, фæлæ йæ нал бацавта. Æвгъау ын фæкодта ахæм «хæрзиуæг», æмæ йæ нал бацавта, фæлæ тынг ныккуыдта. Ныккуыд- та æмæ лæппумæ йæхи баппæрста. Йе ’фцæджы ныт- тыхст. Иæ хид æмæ цæссыджы æвдылд цæсгом ын хъуа- мæ йæ дæллагхъуыртæм нылхъывтаид, фæлæ йын йæ райст-бавæрд уæлæдарæс, чындзæхсæвмæ кæй скодта, уыцы псултæ йын куы счъизи кæна, уый тæссæй йæм йæ цæсгом нал бахæстæг кодта. Уый бамбæрста лæппу. Бзмбæрста йæ æмæ йын ноджы тынгдæр фæтæригъæд кодта. Иæхæдæг ын æрбакодта йæ сæр йæ хъæбысы. Цуцайы цæссыгтæ комкоммæ дæр йæ риуыл, йæ ног- æхсад хæдоныл куыд калдаиккой, афтæ йын æрбакод- та йæ сæр йæ хъæбысы æмæ йын лæгъстæгъуызæй дзу- ры: — Ныххатыр кæн, чындз. Дæ цины бон мах хæдзар- вæндаджы тыххæй кæй фенад, афтæ тынг цы цинагмæ бæллыдтæ (Зæрæдайы ахæм уавæры хъæубæстæй исчи федтаид, уый йæ нæ фæндыд æмæ аууон рæтты ахъуы- зынмæ хъавыд, фæлæ йæ чидæртæ федта æмæ æнæхъæн хъæу базыдтой, хъуыддаг цæй. мидæг уыд, уый), уый дын мах хæдзарвæндаджы аххосæй кæй ныссуйтæ^ис. уый тыххæй ныххатыр кæн. — Уæ хæдзарвæндаджы сæры бæсты фæцæуæд ме ’намонд сæр, — йæ кæуын тыхæй уромгæйæ дзуры Цу- ца. —Мæнæ ацы налатæй уæхæдæг дæр куы ницы рай- гонд стут, уæд уый тыххæй уæ хæдзарвæндаг цы азым- джын у? Дæхæдæг мын ныххатыр кæн, дæ нывонд фæуон. Бæргæ ма ацы хатт дæр мæхи куы ныуурæдтаин, фæлæ æз дæр туг æмæ стæгæй конд дæн. Мæнæн дæр нуæрт- тæ ис æмæ цы бакæнон? — Ды ницы азымджын дæ, Цуца, — рæвдаугæ хъæ- лæсæй йын дзуры лæппу. —Ды нæ хъæубæстæн цы хъуыддаг аразыс, уый тыххæй алчи дæр, зæрондæй æв- зонджы онг, сылгоймагæй, нæлгоймагæй, дæ разы хъуа- мæ сæ сæртæ æркъул кæниккой. Хъæубæстæ уæзгуытæй фидауы. Æмæ ды уыцы уæзæджы фарны сæрвæлтау ( 370 ’
дæхи кæй снывонд кодтай, уый алчи дæр уыны. Уый тыххæй дын алчи дæр аргъ кæны æмæ уый сæраппонд исты куы фæрæдиай, уæддæр дын æй рæдыдыл ничи банымайдзæн. Ам та ды ницы аххосджын дæ æмæ нын ныххатыр кæн. Ам иууылдæр азымджын стæм. Дæ фы- дæбонæй нæхи хайджын кæй нæ кæнæм, нæ хъус кæй нæ дарæм дæ хъуыддæгтæм æмæ дын дæ къух кæй-ни- цæмæй аразæм, уый нæ, фæлæ ма не ’хсæн, канд мæ мад нæ, фæлæ ноджы зыгъуыммæ архайджытæ кæй ис æмæ сусæгæй фыдаудæн кæй кæнынц, уымæ дæр нæ дарæм нæ хъус æмæ нын нæ æмуд хъæубæсты адджын цард æнад кæнынц. Афтæ куы нæ уаид, уæд мæ мад кæцæй базыдта хъуыддаг? Кæцæй базыдта, Цуцатæм исчи кæй ис, уый? Æз дæр ам цæрын æмæ æз ныры онг куы ницы фехъуыстон, уæд æй уый кæцæй фехъуыста? Уый мæнæй фылдæр цæуы хъæубæсты ’хсæн? Нæ, фæлæ чидæр Цуцамæ разæй худгæ кæны, фæстейæ та йын йæ хъуыддæгтыл арт æфтауы. Æмæ уый арт æфтауы не ’гасы хъуыддæгтыл. Не ’гасы знаг у уый, æмæ йæ хъуамæ йумæ ссарæм æмæ йыл хъоды бакæнæм. Мæнæ уый, — къухæй ацамыдта йæ мадмæ, — цы аразы, уый уæддæр æргомæй аразы æмæ ахæмимæ тохгæнæн ис, хи бахизæн дæр дзы ис, фæлæ сусæгæй чи архайы, сусæгæй чи хæцы, тæссаг уый у... — Дæ дзурæн дзыхы нывонд мæ зæронд сæр фæуæд, дæ фæхъхъау фæуон, — Госæ бацыд æмæ атыхст Гæ- бæционы лæппуйыл. — Ды рæстытæ дзурыс, дæ нывонд фæуон. Мæнæ ацы мæгуыр ус нæ хъæубæсты фæрныг- адæн йæхи хæры æмæ йын мах та йæ хъуыддæгтæ къуы- лымпы кæнæм. Махыл æмбæлы, цæмæй йе ’нцой балæу- уæм æмæ йын феххуыс кæнæм, мах та йæ ноджы къуылымпы кæнæм. Æй, гормон фæуат! Æмæ ды та, Гæбæцион, зæронд ус куы дæ, сæрыхицау дын куы ис, мæнæ дын ай хуызæн хъæбул куы ис, уæд дæ сæрæй цæуылнæ ахъуыды кæныс? Уыцы сыгъдыйы æвзаджы тыххæй цал хатты баййæфтай над? Æмæ дын зопд-зонæн цæуылнæ исты фæвæййы? Гæбæцион дæлгоммæ хаудæй лæууыд, æмæ ма, удæ- гас у æви мард, уый бæрæг дæр ын нал уыд. Устытæ йыл куы схæцыдысты сæхимæ ахæссыны тыххæй, уæд сæ йæ лæппу нæ уагъта. Ныууадзут, дам, æй æмæ дзы фервæзæм. Бæргæ мæ ныййарæг мад у, фæлæ уый дзæ- гъæл æвзаджы тыххæй адæмы, ме ’мгæртты рæгъмæ рацæуинаг нал дæн æмæ цæмæн хъæуы лæджы ахæм 371
мад? Куынæ уыдаид уый дæр æмæ æз дæр, уæд хуыздæр нæ уыд?.. Уæддæр æй кæм ныууагътаиккой, фæлæ уыйбæрц фыдтæ, уыйбæрц уæззау зиæнтты фæстæ Тыны хъæуы фыццаг хатт уыд ахæм цины бон æмæ сын æнæад фæцис. Чындзæхсæвмæ нал æрбацыдысты Цуца æмæ Хуыга... Чындзæхсæвмæ нал æрбацыд Гæбæцины лæппу дæр. Иæ фыд уый куы базыдта, уæд ауылты-ууылты йæхи асайдта уый дæр æмæ нал æрбакуымдта чын- дзæхсæвмæ. — Адон иууылдæр дæу аххос сты, мæ фыд, — уай- дзæф ын кодта йæ фырт. — Цы бакæнон, мæ хур. Цы мæ бон у? — кæуын- хъæлæсæй дзырдта фыд. — Ахæм сырд æрластай дæ хъæубæсты ’хсæнмæ æмæ йæ рæстæгыл цæуылнæ фæхæццæ кодтай фæстæмæ йæ лæгæтмæ? — Иу æмæйæ дыууæ хатты нæ фæхæццæ кодтон, мæ хур, фæлæ та-иу мæм хæстæджытæ, хиуæттæ, хъæу- бæстæ ныххатыдысты. Иæхæдæг дæр-иу зæххы цъар дæндагæй æхсыдта. Ныр ма, дам, искуы куы фæрæдион, уæд, дам, мæ ауындзгæ æркæнут. 0, фæлæ бирæгъ йæ царм зæнгыл кæд ныууагъта?.. Æтт, дæ уæзгуытыл уæзæджы фарнæй цины æмæ царды дидингуытæ æрзайа, Тыны хъæу! Куыд рагæй дæ нал айхъуыст, куыд зыдтай, ахæм цины хъæр æмæ... Цы дзæбæх зæрдæйы уагыл уыдысты адæм иууылдæр! Цыма сын сæ хъæумæ хæст ныхилгæ дæр нæ фæкодта, цыма сын æппындæр ницы базиан кодта, ахæм циндзи- над уылæнтæ кодта хъæубæстыл, уæзгуытыл æмæ... Чындзæхсæв чындзæхсæв цæмæй хуыйны, уый йæм нал æрцыд. Нал æртасыд адæмы онг æмæ иууылдæр ба- тагъд кодтой... Уазæгæй фысымæй ма уыдысты иу хъуыд- дагыл: кæрæдзийæ тагъддæр фервæзой... Цины хъуыддаг, æддейæ бакæсгæйæ, уыдис хъыджы хъуыддаджы хуызæн... * * * Цуца ма кæддæрты ахъæвтытæ кодта Дыууæдоныастæ- уы ^ъæумæ бацæуын, Зæрæдайæн балæгъстæ кæнын. Чизоны ма йыл баууæндид, фæлæ-иу йæ ныхæстæ, йе ’рдхъирæнтæ йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд-иу 372
старст. Уым мæ æцæгæлон хъæубæсты ’хсæн куы ных- худинаг кæна, зæгъгæ, уымæй тарст æмæ та-иу ныкъуы- лымпы ис... Иугæр уырдæм йæ ныфс куы нæуал бахас- та, уæд ма æрхъуыды кодта ахæм хъуыддаг: уый размæ дæр горæты базары кæддæрты фембæлд уырдыгон сылгоймæгтыл. Ныр дæр дзы искæуыл фембæлын æмæ Зæрæдайæ исты хабар базоныны ныфсæй æрвыл хуы- цаубоны дæр цыд базармæ. Уæймæ-иу ахаста иу дыууæ къуымыхцыйы, науæд карк, кæнæ картофтæ. Иæ ба- зайраг-иу искæмæн афæдзæхста æмæ-иу зылд базары. Чи зоны, зæгъ, ын йæхиуыл дæр фембæлин, науæд та æндæр искæуыл. Æмæ дзы фембæлд. Йæхиуыл ын нæ фембæлд, фæлæ æндæр сылгоймагыл. Цуца та, æрвылхаттау, азылд, йæ бацыдмæ цых- тыты базары чи уыд, уыцы сылгоймæгтыл. Бафарста сæ, чи дзы кæцон у, уымæй, æмæ дзы иу кæд разынд Дыууæдоныасгæуккаг. Цуца бацин кодта. — Уым мын зонгæтæ ис æмæ хъуамæ дæ цуры æр- лæууон. Истьгныхæстæ мын кæд фæкæнис. — Ныхасыл мæхæдæг дæр мæхи нæ атигъ кæндзы- нæн, — йæхи зæрдæ дæр барухси уыцы усæн. —Рай- сомæй нырмæ ам дæн æмæ мæм иу ныхас ничима скодта. Афтæмæй адæймагæн йæ ком схуыскъаг уыдзæн. — Сылгоймагæн та йæ бон æнæныхасæй кæм у, мæ хур? — йæ мидбылты бахудт Цуца æмæ хызынæй систа къаннæг гуымбыл. — Уæдæ, кæй зоныс нæ хъæуы устытæй, зæгъыс? — афарста йæ уыцы ус. — Кæйдæрты ма дзы зонын, фæлæ деттæ Зæрæдаимæ тынг хæлæрттæ уыдыстæм æмæ йæ рагæй нал федтон. Куыд цæры, куы? — Æ, йæ сæрыл хаст фæуон Зæрæдайæн, — цыдæр фенкъардгъуыз ис ус æмæ Цуцайæн йæ зæрдæ фæкъæпп ласта. —Уыимæ тынг адджынæй цардыстæм, бæргæ, фæлæ йын йæ тæригъæд бахæрæнт йæ бирæгъ тиутæ. Уыдонæй бирæгъдæр та йæ хицау æмæ йе ’фсин сты, науæд никуыдæм фæцæуинаг уыд, фæлæ... — Æмæ ныр?.. — йæхи нал баурæдта Цуца æмæ йын йæ ныхас фескъуыдта. — Сфæлмæцыд æмæ фæсхохмæ фæлыгъд. Нæ хъæуæй уым бирæ чидæртæ цæры. Айразмæ зианмæ æрцыдысты. Æз сæ фарстон æмæ мын ракодтой йæ кой. Смой, дам, кодта иу идæдз лæгæй. Тынг хорз, дам, цæры... Цыдæртæ ма дзырдта ус, фæлæ йын сæ Цуца нал 373
хъуыста. Уый уым лæууын дæр нал фæндыд. Тагъддæр куы ацæуид, ууыл уыд, æмæ ницæйаг аргъыл радта йæ цыхтытæ ... * * * Уыцы уалдзæг уыд дзæбæх уалдзæг. Адæм сæ куыс- тытæм бавнæлдтой уыцы æнæкъуылымпыйæ. Цуцайæн йæ кау кæмдæрты хæлдтытæ уыд. Бацалцæг æй хъæу- дзæн, фæлæ ницы кæны. Фæцайдагъ ис ахæм куысты- тыл æмæ... Стæй Хуыга чысылгай фæхæст ис куыстыл. Æцæг, уыцы дурты уидзыныл куы фæвæййы, уæд зын вæййы уыдонæй йæ ратонын. Цуца ма йын хатт хынджы- лæгæнгас ныхæстæ дæр акæны. Уый фæстæ йæхæдæг æрчырыстон вæййы, æмæ æрцагуры, цы йын аразын кодтой, уый. Иæхæдæг дæр акæны хъазæн ныхæстæ. Цуцайы хатт зондцух дæр фæхоны. Барæй. Æхсызгон æм кæсы афтæ дзурын искæмæн æмæ уый тыххæй. Уы- цы сылгоймаг йæ зæрдæмæ фæцыд, æвæццæгæн, мæгуыр, æмæ та-иу афарста Цуцайы: • — Ницыма хабар хъуысы уыцы усæй? — зфтæ-иу æй афарста æфсæрмгъуызæй. — Ницыма, фæлæ мæ ныфс ис. Хуыцаубоны-иу базарæй куы ’рбаздæхт, уæд-иу æм æрбауад. Афарста-иу æй æмæ-иу йæ зæрдæ куы ницæмæй барухс, уæд та-иу йæ маст Цуцайыл ныккалдта: — Зондцух дæ, æмæ мæн дæр æмæ дæхи дæр фы- дæбонæй марыс... — Цæмæн дæ марын фыдæбонæй, Хуыга? Науæд цæмæй дæн зондцух? — иу хатт æй афтæ бафарста дис- гъуызæй Цуца. — Цæмæн, уый нæ зонын, фæлæ мæм кæсгæ афтæ кæны. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, — загъта Хуыга, стæй йæ къух ауыгъта æмæ ацыд. ...Æмæ ныр дæр изæрæрдæм æрбацыд йæ хуымæй. Бацыд Цуцаты кæртмæ, фæлæ дзы куы ничи уыд, уæд аздæхт сæхимæ. Иæхи ныхсадта. Уый фæстæ дæр ма... Цуца та хуыссыд сынтæджы. Дæлгоммæ хуыссыд сынтæджы æмæ куыдта. Куыдта æмæ йæм афтæмæй фæзынд Газаны æнгас... «Цымæ та цæуыл кæуыс, бын бауай?» — фæрсы йæ. — Фыдæнхъæл фæдæн. Нырмæ ма мæ цыдæр ныфс 374
уыд. Ныр уыцы ныфс асаст. Æндæрмæ фæцыд чындзы уыцы сылгоймаг, — кæуынхъæлæсæй дзуапп дæдты Цу- ца. «Дегæр калай, Хуыга дын йæхæдæг раст куы фæ- зæгъы: Дæхи дæр æмæ уый дæр фыдæбонæй’ марыс». — Æмæ, уæдæ, цы бакæнон? «Иу хатт дын нарты Сатана æмæ Уырызмæджы таурæгъ куы’ ракодтон. Дæ зæрдыл нал лæууы?» — Лæууы, фæлæ уый цы давы? «Бирæ цыдæртæ давы. Уæдæ ма йыл дзæбæх ахъуы- ды кæн». — Хъуыды йыл кæнын, фæлæ ницы ахсы мæ зонд... «Æрдæбон дыл фæндатыл чидæр амбæлд...» — Амбæлд мыл. Госæ. Куыройæ рацыд æмæ мыл афтæмæй фембæлд. Иумæ цыдыстæм. Йе ’ргъом ын истон. Нæ мæм æй радта. «Цæуылнæ?» — Онджы фæлладæй, дам, зæрдæйы фæллад зын- дæр у. Дæуæн, дам, дæ зæрдæ у фæллад æмæ, дам, мын ме ’ргъом нæ афæраздзынæ. «Дæ зæрдæйы фæллад суадзыны тыххæй дын ницы бацамыдта?» — О... нæ... Цыма... . «Тыхсгæ ма кæн. Æз æй зонын. Мæнæн ахæмтæ бамбæхсæн нæй. Зонын æй æмæ мæн дæр афтæ фæнды, фæлæ дæм æй мæ цæсгом бадзурын нæ хъæцы...» — Госæ дæр уымæй райдыдта йæ ныхас... «Уымæн дарддæр ахизын дæр æнцон уыд. Иуæй сыл- гоймаг, иннæмæй... Уæддæр дæ разы мæныл фылдæр æфсæрм ис...» — Уæдæ дын æй зæгъон? «Цы мын зæгъай?» -— Госæ мын цы бацамыдма, уый... «Зæгъгæ мын æй ма кæн. Æз уый зонын. Фæлтау мын зæгъ, цы цæстæй кæсыс уыцы зондамындмæ? Мæ- нæй ма æфсæрмы кæн. Æз дын æй уалдзæджы комулæф- - тау дæ зæрдæмæ бирæ хæттыты баулæфыдтæн». — Уæдæ-иу «мыййаг» æмæ «уæдтайы» хуызы мæ зæр- дæмæ цавæрдæр æбæрæг хъуыды куы ныхылдта... «Уый мæ хъуыды уыд. Мæ фæндон уыд æмæ ма кæд мæ фæдзæхст дæ зæрдыл лæууы, уæд мæ фыдæнхъæл ма фæкæн. Адæмæй цы æфсæрмы кæныс? Госæ дын дзæбæх куы фæдзырдта, адæм цы æмæ куыд хъуыды кæнынц, хуыздæр æмæ растдæрыл цы нымайынц, уый» 375
— Зын мын у уæддæр... «Цардæн йæ зынты хъæуы сæттын, йе ’нцæнттæ та цы сæттинаг сты?» — Æмæ уæдæ... «Дæ цæссыгæй нæ уæзæг æрвыл хатт дæр вæййы удæст, фæлæ йын уый ницы ахъаз кæны». — Æмæ, уæдæ... !... — Ницыуал мын зæгъыс? «Мæ уæзæгыл цалынмæ сывæллон райгуыра, мæ уæзæгæй мæм цалынмæ сывæллоны кæуын фехъуыса, уæдмæ дæм нал æрцæудзынæн» — Ме ’дзард хъæбул мæм цæудзæн. «Ууыл дæр- мæ бар цæуы. Куы мæ фæнда, уæд æй нал æрбауадздзынæн». — Мæ бон нæ бауыдзæн афтæ... «Мæнæн та мæ ^хуыскъ уæзæгмæ кæсын нал у мæ бон. Ды цы æгъдау æмæ фæткы къæцæлыл лæууыс», уый хæсты азарæй раджы скалцæг ис. Чысыл фел- хъивын йеттæмæ йæ ницы хъæуы... Уæртæ, гъе, æрба- цæуы йæхæдæг дæр. Мауал ын риссын кæн йæ рыст зæрдæ». — Æгъдау æмæ фæжы къæцæл скалцæг уæд. Йæ- хицæн та йын цы бакæнон? «Сылгоймаджы хъарм ныхасæй цъити дæр бадон вæййы. Нæлгоймаджы зæрдæ сылгоймаджы хъарм ны- хасæн цъити нæ, сæлæф миты бæрц дæр нæ фæфидар уыдзæн. — Æмæ, уæдæ... «Нæ уæзæджы фарн нын дæ къухмæ кæм райстай, уым дæ зæрдæйы зæллангмæ дæр байхъус...» — Цуца æцæгæй айхъуыста. Æцæгæй цавæрдæр зæлланг ауад йæ хъустыл. Стæй уыцы зæлланг сындæггай нымæггæнгæ ацыд, дард ацыд æмæ ма уыцы дардæй та Цуцамæ æр- байхъуыст кæйдæр дзурын: «Де ’гæр калай, хуыцауы сконд æмæ дын хæйрæджы сконд адæмы аргъау уый тыххæй куы ракодтон, уæд æй дæ зæрдыл цæуылнæ бадардтай?» — Цуца базыдта уыцы хъæлæс дæр æмæ йæм йе ’фсины æндæрг дæр хæрæ мигъы хуызæнæй разынд. — Уый Саучызг куы дæ, уæд... «Нæ, уый дæр дæ зæрдæйы зæлланг у,» — йæ хъу- стыл та ауад æмæ... — Цуца, ам нæ дæ?—дуарæй æрбайхъуыст Хуыгайы 376
дзурын æмæ Цуца фестъæлфыд. Йæ зæрдæйы зæлланг йæ хъусты нæрыд æмæ йæ бон ницы дзурын уыд... — Знон мын цыдæр куыкусын кодтай, Цуца? — Цу~ цайы уавæрæй фæтыхст Хуыга... Цуцайы уымæл цæ- стæнгасæй фæтыхст æмæ æндæр ницы дзурын сфæрæз- та...
эпилог Æниу, лæппуйы куывдтæ та куыд никуы уыд Тыны хъæуы! Цины бонтæ та дзы куыд нæ уыд рагæй фæстæ- мæ дæр æмæ æрæджыты дæр! Фæлæ ацы бон, ацы цины бон, ныры лæппуйы куывд цыдæргъуызон, цыдæр æндæр хуызы базмæлын кодта адæмы. Цыдæр æндæргъуызон . ад кодта æмæ йыл иууылдæр цыдæр æндæргъуызон цин кодтой. Лексо цалдæр хатты къæсæрæй æрбакаст æмæ та-иу аздæхт фæстæмæ. Цавæрдæр æгъдау ын йæ рохтыл хæцыд. Стæй дын иу хатт йæхи куы нæуал бауромид. -йæ къух дын куы ауигъид иу хатт. Цыма, йæ рохтыл ын чи хæцыд, уыцы æгъдауы асхуыста, уый риуыгъд агкодта, !йæ къгух æмæ цыдæргъуызон буцтæгъуызæй сдзырдта. Цыма искæмæн буцтæ кодта, уыйау сдзырдта: — Алæ-ма, дæ хорзæхæй, уый та цавæр æгъдау у? Адæймаджы йæ цинагыл цин кæнынæй чи иргъæвы, уый та цæй æгъдау у? — афтæ бакодта æмæ фидар къахдзæфтæй Цуцайы размæ бацыд. Уый тынг’ ныфсæрм, мæгуыр. Йæхи ма цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Ноджы йæ астæуы тыхтытæ дæр ныссуйтæ сты, фыдæнæнгæнæ- гау. Куы уыдонмæ лæбурдта, куы та йæ цæсгомы йæ сæрбæттæнæй æмбæрзта. Госæ йын бамбæрста йæ тых- стдзинад æмæ уый та Лексойыл сбуцтæ кодта: — Ныр кæдæм æрбалæгæрстай? Æви дæм бынтон æгъдау нал ис! — Æмæ цы кæнын ахæм æгъдауæй? — зулмæ йæм бакаст Лексо. — Цæмæн мæ бахъуыд, мæ цинагыл мæ цин кæнын чи нæ уадза, ахæм æгъдау? Ныууадзæм уы- дæттæ, — баздæхт Цуцамæ. Дыууæ къухæй йын йæ сæр- мæ*бавнæлдта æмæ йын йæ ныхæн ныпъпъа кодта. Ахæм зæрдиаг пъа йын ныккодта, ахæм, æмæ дын куыд зæ- гъон. Стæй дæр ын йæ сæр нæма суагъта, афтæмæй йын 378
йæ цæстытæм кæсы æмæ йæ зæрдæ суынгæг ис; мæгуыр. Фырцинæй йæ зæрдæ суынгæг ис, мæгуыр, æмæ уыцы мæцъæл хъæлæсæй дзуры. Иæ зæрдæ кæй суынгæг ис, уымæй æппындæр æфсæрмы нæ кæны. Æхсызгон дæр ын.у, æмæ уымæл хъæлæсæй дæр хъæрæй æмæ фидарæй дзуры: — Бузныг, Цуца. Стыр бузныг. Ды нæ хъæумæ цы бон æрбахаудтæ, уыцы бон нæм æрбацыд, хуымæтæджы зæххон сылгоймаг нæ, фæлæ фарн. Фарн нæм йæхæдæг «æрбацыд уыцы бон æмæ нын æй уæдæй фæстæмæ уы- нын кæныс. Ды æцæгæй фарн кæй дæ, уый нын дæ алы къахдзæф, дæ алы фезмæлд; дæ алы сныхас, дæ алы мийæ уынын кæныс æмæ стыр бузныг. Бузныг, мæ хур... — афтæтæ фæдзырдта, стæй æддæмæ адзырдта. Иæ уадултыл чи тылд, уыцы цæссыгтæм нæ февнæлдта. Ныууагъта сæ сæхи адыл. Цыма йын фарнæрцыды фи- диуджытæ уыдысты, уыйау сæ йæ зачъейы хъуынтæй хъарм кодта, сæхæдæг та йын йæ зæрдæ рæвдыдтой æмæ сæм нæ февнæлдта армæй. Ныууагъта сæ, афтæ- мæй адзырдта æддæмæ: — Уым ма мын Хуыгайы ардæм ракæнут. Ракæнут ма мын æй ардæм... Дыууæ лæппу-лæджы, йæхи æмцахъхъæнтæ, Хуыга- йæн йæ фæйнæ цонгыл хæцыдысты, афтæмæй йæ къуыр- дтытæ æмæ схуыстытæгæнгæ æрбакодтой. Цыма йæ фыдракæнды уæлхъус æрцахстой, æмæ йæ ныр тæрхоны лæджы размæ кодтой, уыйау æй къуырдтытæ æмæ схуы- стытæгæнгæ æрбамидæг ластой Лексойы размæ. . — Мæнæ ис нæ «фыдгæнæг» æмæ йын ныр стæрхон кæн, Лексо. Мах ын аскъуыддзаг кодтам йæ хъустæ ивæзын æмæ æууæрдын. Ды дæр дзы райс дæ «маст». — Деттæ йын æнæуый дæр тыны кæрдæджы диди- нæгау уыцы фæлурс сырх куы ныйисты. Æз ма йын сæ цы ивазон, фæлæ... Иæ рахис къух йæ риуы дзыппы нытъыста Лексо. Иæ тæккæ зæрдæйы цурæй цыдæр сласта. Сыгъдæг хæ- цъилы тыхтæй дзы цыдæр сласта. Хуыгайы тæккæ цæ- сты раз æй халы æмæ афтæ дзуры: — Уым цы ис, уый зоныс, лæппу? Хуыга йæ уæхсчытæ æлхъывтытæ кæны. Иæ ногдаст цæсгомыл æмбæхст мидбылхудт рæдзæ-мæдзæ ’кæны, афтæмæй йæ уæхсчытæ æлхъывтытæ кæны, ницы йын зонын, зæгъгæ. — Уæдæ йæм мæнæ æркæс, — равдыста йæм æй. Ха- 379
тæны ма чи уыд, уыдон дæр æрбамбырд сты Лексойы алыварс. Тынг диссаг сæм каст, Лексо йæ зæрдæйы цу- рæй цы систа æмæ Хуыгамæ цы ’вдисы, уый базонын. — Дур!—дисгъуызæй сдзырдта чидæр... — Хуымæтæджы тымбыл дур, — бафтыдта йæм æн- дæр чидæр... — Тыччыйæ зына-нæзына стырдæр тымбыл дур,— фæбæлвырддæр æй кодта æртыккаг. — О, дур, —сразы ис семæ Лексо дæр. — Тымбыл дур. Хуымæтæджы тымбыл дур. Тыччыйæ чысыл стыр- дæр тымбыл дур. Фæлæ уый у Дзылыты уæзæджы дур. Сæ уæзæджы фарны-къалиу. Уый æз кæддæр райстон мæнæ Хуыгайы къухæй. (Хуыга ныфсæрмы ис.) Æф- сæрмы ма кæн, Хуыга, мæ хур, — йе 'уæхскыл ын æр- хæцыд Лексо. — Уый дæуæн уыдис, мæнæ ацы хурты тыххæй (ацамыдта, Цуцайы хъæбысы хæцъилты тыхт сывæллонмæ), сæ сомбоны рухс царды сæраппонд уæззау тохты дæхиуыл кæй нæ ауæрстай, хъазуатонæй кæй тох кодтай, уый æвдисæн æмæ уымæй сæрыстыр уæвын æмбæлы. Уымæй къæмдзæстыг уæвын нæ хъæуы, мæ хур. Æз та ацы дур уæдæй фæстæмæ дарын мæ риуы дзыппы, мæ зæрдæйы тæккæ цур. Æз æй æвæрд- тон ацы бонмæ. Æгайттма, æрæййæфтон ацы бон. Ныр æй лæвар кæнын, ацы уæзæджы бындур чи хъуамæ суа, ацы уæзæджы дидинæфтыд кæуыл баст у, уыцы хурæн. Цасдæр рæстæг æй мæ зæрдæйы хъармæй тавын æмæ йæ ныр афтæмæй лæвар кæнын мæнæ ацы чысыл ху- рæн, — арæхстгай æрæвнæлдта сывæллонмæ, йæ цæс- гомы æмбæрзæныл ын иуæрдæм ахæцыд. Дур ын йæ хæцъилты ’хсæн æртъыста йæ хъуырмæ хæстæг, стæй йын йæ цæсгоммæ хæстæг тутæгæнæгау æркодта: • —Æвзæр цæстæй дын хай ма уæд, мæ хур. Ацы дур та, ацы уæзæджы фарны къалиу та дæ хъахъхъæнæд фыдбылызæй... — Бузныг, стыр бузныг, — æфсæрмгъуызæй сдзырд- та Цуца. ...Цыдæр сдзурын фæндыд Хуыгайы дæр, фæлæ йæ хъæлæс æлхынцъ уыд æмæ дзы ницы сирвæзт. Уæд ли- дзæгау акодта æддæмæ. Къæсæрыл æрбалæууыд Илас. Уый æрбацыд йæ ног- хаст усимæ. Адæмæн æмткæй арфæ ракодта ацы цины боны сæраппонд, стæй Цуцамæ бацыд хæстæг. Иæ къух ын райста, йæ ныхæн ын апъа кодта æмæ сдзырдта. Йæ зæрдæ фырцинæй уынгæг кодта, фæлæ уæддæр дзырдта: 380
— Бузныг, Цуца. Хъæу сыхтæ æмæ уæзгуытæй хъæу вæййы. Иу сых, иу уæзæг кæмæй фæхъæуа, иу сых сыху- ,ат кæм фæуа, иу уæзæг уæзæгуат кæм фæуа, уыцы хъæ- уæн æххæст хъæу схонæн нал ис. Уыцы хъæу мæнæ ме ’мпъызт цæсгомау сфыдуынд уыдзæн, æмæ ды уый нæ бауагътай. Ды уымæй бахызтай нæ хъæуы æмæ стыр бузныг. Зарейы мæлинаг, æниу ма йын ныр та цæй мæлинаг ис рахонæн! Йæ мой æмæ йæ чысыл фыртимæ тæккæ уыцы уысм æрхызтысты автобусæй. Сæхимæ дæр нæ фездæхт. Сæ хæдзары рæзты рацыд комкоммæ ардæм. Чызджытæ сыл тыгуыртæ кодтой. Фæндыд сæ Зарейæн йæхиуыл, йæ чысыл хурыл, йæ лæгыл, сæ сиахсыл ацин- тæ кæнын, фæлæ сыл Заре спырх калдта. — Фесæфут уырдыгæй, гадзатæ! Æз далæ æнæхъæн бонцау цалдæр уысммæ уый тыххæй не ’рбахæццæ дæр æмæ мæ цинтæн сæ тæккæ фыццаг ратæдзгæтæ сымах хай фæкæнон. Æз сæ кæй тыххæй февæрдтон æмæ сæ кæй тыххæй æрбахастон, сæ нæуджытæ уал уый хъуамæ фæуой æмæ ма хъыгдарут, гадзатæ! — комкоммæ бацыд Цуцамæ. Цуца сцæйстад, фæлæ уæдмæ уый йæ разы æрхауд йæ уæрджытыл æмæ йæ’нал суагъта. Уыр- дæм æй ныттыхта йæ хъæбысы. — Дæуæн хъуам(æ нæ уæрджытыл лæугæйæ табу’ кæнæм, Цуца, — фырцинæй кæуы афтæмæй дзуры Заре. Кæуы æмæ иннæ сылгоймæгтæ дæр калынц сæ цины цæосыгтæ. — Ды дæхæдæг уæзæджы фарн дæ æмæ дын хьуамæ, фарнау, табу кæнæм, Цуца. — Пъатæ йын кæ- ны, стæй йын йæ сывæллоп райста æмæ йæ йæ риумæ уыцы арæхстгай нылхъывта. Сывæллон скуыдта æмæ Заре уыцы дзæбæх бацин кодта: — Æ; хуыцау, дæ фæхъхъау фæуоы, мæ цæгаты уæз- гуытæй мын фылдæр сывæллæтты кæуын хъуысын кæн ^емæ дын мæ доны къусæй дæр кувдзынæн... Постхæссæг къæсæрыл æрбалæууыд æмæ æрбахъæр кодта: — Мæнæ Дзылыты уæзæгмæ кæцæйдæр тел, хорз адæм, æмæ йæ исчи айсæд! Зарейы лæг нырмæ къæсæргæрон уыцы æргъуыйау- тондæй лæууыд. Йæхи, йæ къухтæ цы фæкодтаид, уый нæ зыдта æмæ тыхст. Ныр ын постхæссæджы ныхас фæ- хос ис. Февнæлдта йын йæ къухмæ æмæ райста тел. — Бакæс ма йæ, махон, дæхицау дæ æнæрай фæуа, ~ Заре йыл уыцы барджыны буцтæ скодта. — Цыма дæ 381
æхсидгæ донæй фелвæстæуыд, уый лæуд цы кæныс’дæ* каисты фæсдуар. Бакæс æй цырддæр. Уый дæр кæсы: «Тыны хъæумæ Дзылыты Цуца æмæ Хуыгамæ. Уæ цины хъуыддаг уын фехъуыстон æмæ сымахимæ æз дæр цин кæнын. Кæддæр дæ иу чысыл афхæрдтон æнæхъуа- джы, фæлæ мын æй ныппар, Цуца. Æгайттма уæддæр мæ уæды дзæгъæлы ныхæстæ ныр фецæг сты. "Дæ гыц- цыл хурæн мæ бæсты иу пъа акæн. Мæнæн ныр мæ лæп- пу къахæй згъоры æмæ кæрæдзи хорзæй цы базоной дæ лæппуимæ, ахæм амонд сæ уæд. Уæ хорзмæ бæллæг Зæрæда...» — Чи у, чи, уый та? — чидæртæ бацымыдис кодта... — Уый, иу хатт мæнæ Зарейы чындзæхсæвы бон...— æфсæрмгъуызæй сдзырдта Цуца... — Æ, зонæм æй, зонæм, — сдзырдтой цалдæрæй. Æмæ- ма дзы чидæр цыдæр худæг ныхас зæгъынмæ хъавыд, фæлæ тæккæ уыцы уысм къæсæрыл æрбалæууыд Гæбæ- цион. Фырæфсæрмæй йæ цæсгом афтæ сырх уыд, раст ын æй цыма исчи мæстæг тæрс суджы цæхæртæм ныд- дардта. Гæбæцион æмхуызон арфæ ракодта хатæны уæвджы- тæн, стæй йæ хуын кæмæдæр балæвæрдта æмæ йæ къахы æлгътыл, цыма исты радавынмæ цыд, уыйау хъуызæгау бакодта Цуцайы цурмæ. Ие ’фцæджы ныттыхст, йæ ныхæн ын апъа кодта, æмæ сдзырдта цыдæр уымæл хъæлæсæй; — Ныххатыр мын кæн, Цуца. Кæддæрты дæ бахъыг дардтон, фæлæ мын ныххатыр кæн... — Цæй, ницы кæны; — сывæллон сыытæджы æрæ- вæрдта Цуца. Уый дæр атыхст Гæбæционы æфцæджы. Хъуамæ йын йæ былтæн апъа кодтаид, фæлæ уыдон кæлмæрзæнæй æмбæрзт уыдысты æмæ йын уæд йæ ны- хæн апъа кодта. Æмæ йын йæ ныхæн куы пъа кодта, уæд ын йæ уæхсчы сæрты къуыммæ. фæкомкоммæ ис къæбæда чызджытæ æмæ æрыгондæр чындзытæм. Уы- дон сусу-бусу кодтой Гæбæционы ’рдæм кæсгæйæ æмæ худтысты. Уыдонæй иутæ дзырдтой, зæгъгæ, йе ’взаг уæддæр иуран кæй нæ лæууы, уый тыххæй дары йæ дзых баст, иннæтæ та дзырдтой, зæгъгæ, йыл Цуцайы цæфтæй стыр нуæстæ баззад, йæ уæллаг был уыцы цæф- тæй тæрхъусы былы хуызæнæй байгас æмæ уый тыххæй æмбæхсы йæ былтæ... Адæм цыдысты æмæ цыдысты. Адæм арфæтæ кодтой 382
ацæргæ сылгоймаг... æниу нырма ацæргæ дæр цас уыд,. фæлæ йын мæт æмæ сагъæс йæ сæры хил сурс кодтой æмæ ацæргæгъуыз зынд. Æмæ адæм арфæтæ кодтой ацæргæ сылгоймаг æмæ æрыгон мадæн. Иæ гыццыл хур уæзæджы фарнæй фæрнджын куыд уа, уый йын алкæй цæст дæр æхсызгонæй уарзта... Куывд скъобор. Лæппуйы куывд. Уастырджыйы зарæг,'хосдзауы цæвæгау, æрттывта æмæ цъыллынджытæ кодта уæлдæфы. Ноггуырды зарæг хъæуы уынгты зылд... Куывд йæ тæккæ цырыныл куы уыд, уæд фынджы хисдæр ноггуырды рахæссын кодта фынгмæ æмæ фын- гылбадджытæн загъта, цæмæй йын равзарой, æцæг,лæ- гыл чи сфидауа, ахæм ном. Æмæ йын равзæрстой: Схуыдтой йæ Фарн. Фарн æмæ Уастырджыйы зарджытæ зæлыдысты Ты- ны хъæуы сæрмæ... 1980—1985 азтæ.
Кабисов Заур Захарьевич ЗВОН СЕРДЦА (Роман. на осетинском языке) (госоЭосю соЬ’дсо О^^о) Художник В. М. Габараев лудожник о. т. 1 аоараев Художественный редактор Ф. Ф. Багаев Технический редактор Ш. Г. Елбакиев Корректоры М. П. Чибирова, X. Г. Кодалаева Сдано в набор 5. 04. 89. Подписано к печати 18. 09. 89. Формат 84x108782. Усл. печ. л. 20,16 Уч.-изд. л. 23. Тираж 2000 экз. Заказ типографии № 1545. ЭТ 00107. Цена 1 руб. 90 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвал, ул. Ленина, 3 Юго-Осетинское областное полиграфическоё производственное объе- динение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвал, ул. Московская, 5.