Текст
                    Æлборты Хадзы-Умар
ИРОН
ЛИТЕРАТУРОН
КРИТИКÆ
30-æм АЗТЫ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1987


83.30сет Æ48 Рецензент Ш. Ф. Джигкаев Æлборты Х.-У. Æ-48 Ирон литературон критикæ 30-æм азты. — Орд- жоникидзе: Ир, 1987—138 ф. Алборов Х.-У. Осетинская литературная критика 30-х годов. В пср.: 45 к. В работе отобрана, обобщена и подвергнута тщательному анализу вся критичсская литсратура — газетная, журнальная н книжно-сопроводительная» 4603000000—51 Æ — 49—87 83.30сет М131(03)-87 © Издательство «Ир», 1987"
БАЦÆУÆН НЫХАС Ирон литературæйы историйы фарстатæ фæлгъауыны хъуыд- даджы, афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, къухы бафтыд бæрæг æнтыс- чгытæ. Мыхуыры рацыдысты Октябры революцийы агъоммæйы æмæ Советон дуджы ирон литературæйы историйы очеркты чин- гуытæ1, сæрм’агонд монографитæ фыст æрцыд ирон литературæ- йы классиктæй се ’ппæтыл дæр, рухсмæ фæзындысты ирон лите- ратурæйы зонадон историйы фыццаг дыууæ томы2, хицæн жанр- ты тыххæй дæр нæм ис монографитæ фыст. Фæлæ литературон критикæйыл, куыд æмткæй, афтæ алы фæлтæрты дæр сæрма- гонд иртасæн куыстытæ нæма ныффыстæуыд3. Æмбæлгæ та ра- гæй кодта, куыд литературæйы химбарынад æвдисæг, афтæ æн- дæр æмæ æндæр фæзилæн заманты, æхсæнадон-литературон царды ахсджиаг рæстæджыты цавæр идейæтæм тырныдта, куыд æмбæрста æмæ æххæст кодта йæ хæстæ, уьтдон равзарын, хор- зæй, райсинагæй йæм цы уыд, уыдонæн абонимæ бастдзинад ссарын, фауинагæй, æппаринагæй йæм цы уыд, уыдон дæр рав- дисын, цæмæй нын бæрæг уой æмæ фæлхатгонд мауал æрцæуой. Афтæмæй 30-æм азты ирон литературон критикæйы тыххæй ацы куыст уыдзæн фыццаг. Фыццаг кæм у, уым йæ зындзинæдтæ дæр <сты фылдæр. Рæдыд нæ уыдзæн, афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ, ав- торы хъуыд æнæсаст зæхх хуымгæнæджы куыст кæнын. Автор критикон анализæн цы ’рмæг.æрæмбырд кодта, уый ’ ист у Ирыстоны газеттæ æмæ журналтæй, уæрæх пайда кæны ар- хивты æрмæгæй дæр. Ирон литературæйы тыххæй ма-иу уацтæ фæзынд Гуырдзыстоны, Мæскуы æмæ æндæр республикæты га- 1 X. А. Ардасенов. Очерк развития осетинской литературы (дооктябрь- ский период), Орджоникидзе, 1959. Очерк истории осетинской советской лите- ратуры, Орджоникидзе, 1967. 2 Н. Джусойты. История осетинской литературы, книга первая (XIX век), "Тбилиси, 1980. Книга вторая (1902—1917 гг.), Тбилиси, 1985. • 3 Хицæн фысджыты критикæйы сæ кой скæнын æмбæлы цалдæр куыстæн: Джусойты Нафи Гæдиаты Цомахъы сфæлдыстады тыххæй цы монографи ра- уагъта, Орджоникидзе, 1965, уым 102—144 фæрстыл ныхас цæуы йæ крити- . кæйыл дæр. Банысан кæнын æмбæлы Дзадтиаты Гиуæргийы дыууæ куысты: «Александр Тибилов как литературный критик», автореферат канд. диссерта- ции», Тбилиси, 1973 æмæ «Творчество Елбиздыко Бритаева в осетинской ли- -тературной критике». Цхинвали, 1982, 3
зеттæ æмæ чингуыты. Уыдон дæр сæ бынат ссардтой нæ ирта- сæн куысты. Æппæт уыцы æрмæг æмбырд æрцыди фыццаг ха?т ацы чиныджы. Литературон критикæ цас ахсджиаг æмæ актуалон у нæ со- циалистон æхсæндзарды, марксистон-ленинон эстетикон тр’ади- цитæ рæзын кæныны хъуыддаджы, уый бæрæггонд цæуы, лите- ратурæ æмæ аивады фæдыл ССР Цæдисы Коммунистон парти- йы съездты цы уынаффæтæ хаст æрцыд, уыдонæй, уымæй дард- дæр партийы ЦК-йы къорд уынаффæйæ, уæлдайдæр та, литера- турон-аивадон критикæйы фæдыл 1972 азы 25 февралы цы сæр- магонд уынаффæ рахаста, уымæй. Ацы уынаффæйы æнæрмынæг хъусдард здæхтæуы «социалистон реализмы аивады революци- он, гумйнистон идеалтæ активон æмæ æдзух биноныг кæныньг хъуыддагмæ... Критикы хдес у ныры аивадон процессы фæзынд- тæ, ’тенденцитæ æмæ закъонбæрцæдтæ арф анализ кæнын, æп- пæт амæлттæй дæр партиондзинад æмæ адæмондзинады лени- нон принциптæ биноныг кæнын, хъуамæ тох кæна советон аива- ды бæрзонд идейон-эстетикон æмвæзады сæрыл, цырен ^кæна буржуазон идеологийы ныхмæ иугæндзон куыст»1,— загъдæуы уынаффæйы. * Аивады марксистон-ленинон идейондзинад биноныг кæныньг хъуыддаджы литературон критикæйæн нæ парти цы ахсджиаг нысаниуæг дæтты, уый зæрдылдаргæйæ фæстаг азты советон ли- тературæйы истори æмæ литературон критикæйы теори æмæ ’ методологийы фарстатæ равзарыны советон литературæзоныньг къухы бафтыд зынгæ æнтыстытæ: мыхуырырацыд Советон бирæ- национ литературæйы истори æхсæз томæй. Уым æвдыст æрцыд советон адæмты литературæты рæзты фæлтæрддзинад, сæ эстети- кон принциптæ æмæ идеалты иудзинад. А. С. Бушмин, М. Б. Хра- пченко, Г. Н. Поспелов, Б. И. Бурсов, В. И. Кулешов, Б. Ф. Его- ров, С. И. Шешуков, В. М. Акимов æмæ æнд. цъг чингуытæ ра- уагътой, уыдоны зонадон æгъдауæй анализгонд цæуынц ныры литературон æмæ культурон процессы судзагдæр проблемæтæ, советои литературæйы идейон-эстетикон принциптæ, историзмы, фарстатæ, литературон критикæйы æрдзыхъæд æмæ дæсныйа- дон æууæлтæ. Литературæиртасджытæ се ’ргом аздæхтой советон литера- турæйы кардзæуæн — 20—30-æм азты рæзтмæ, социологон ас- пект ссис культурæ æмæ литературæйы историйы актуалон ны- хасаг, куыд коммунистон æхсæнады хæрзæгъдауон нормæ. Гъе ацы хъуыддæгтæ сæрæвæрæр сты нæ иртасæн куыстæн дæр. Куыст цы рæстæджы фæлгæтты æрæвæрдтам, уый у а^сджиаг заман — хъа^здыг цаутæй, æмæндыгъд карз идеологон быцæу- тæй. Бындур æвæрд цыд ног социалистон æхсæнадæн, ног эсте- тикон заманæн. Уый тынг вазыгджын кодта культурæйы архай- джыты куыст, иууыл тынгдæр та .фæбæрæг критикæйы. Баидæв- 1 Журнал «Вопросы литературы», 1972, № 3, с. 4—5. 4
та йын йе ’ппæт æрдзыкондыл дæр—йæ идейон удыхъæдæй рай- дай æмæ йæ архайæн амæлттыл фæу. Æмæ цæмæй, уæд нæ кри- тикæ цы уыд æмæ куыд уыд, уый æвдьгст æрцæуа, уый тыххæй домдæуы, йæхи бæрæг-æргом чи æвдыста царды æмæ литерату- рæйы, уыцы ситуациты конкретон анализ. Ирон критикæЗО-æм азты сæйраджыдæр архайдта ког литера- турон фæзындтæ анализ кæнын æмæ ивгъуыд культурон бынты эстетикон аргъ фæлгъауыныл. Ацы дыууæ фарстайы. æмхуызон ахсджиаг уыдысты социалистон культурæ аразыны хъуыдда- джы æмæ нæ иртасæн куысты бацахстой ахъаззаджы хай. Уый- адыл- куысты æвæрд и дыууæ вазыгджын проблемæйьк—царды æцæгдзииад æмæ нывгæнæджы концепци 30-æм азты литерату- рон критикæйы, стæй, традицитæ æмæ ногдзинад кæрæдзимæ цы цæстæнгас дардтой, уый.’Уыцы пррблемæтæ æвзæрст цæуынц конкретон æрмæджы бындурыл. Ацы дьгууæ, фæлæ иумæ æм- баст сæйраг проблемæйыл ныхæст сты æндæр фарстатæ æмæ хъуыддæгтæ дæр. Автор сæрмагондæй йæ хъус æрдардта, сæ за- маны критикæйыл тынг чи фæзынд,> уыцы литературон тохтæ æмæ къордты быцæуты анализмæ, Ирыстоны пролетарон фыс- джыты организацийы фæзындмæ, аивадмæ сын цы раппон цæст- æнгас уыд, уымæ, иуæй-иу критикты вульгарон-социологон кон- цепцитæм, ирон критикæйы социалистон реализмы æмбарынад æмæ аизадон идейæйы равзæрдмæ æмæ а. д. 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты кълассон тох æмæ идео- логон быцæуты уавæры, зæгъæн ис, не ’хсæнадон царды акти- вонхотых уыд ирон литературон критикæ, æмæ уый фарстатæ равзаргæйæ нæ литературæйы , æмткæй райсгæйæ, нæ культурæ- йы историйы, бирæ цыдæртæ фæбæлвырддæр уыдзæн. Кæд сæрмагондæй нæ куысты темæ 30-æм азты ирон литера- турон критикæйы уавæр у, уаеддæр уымæн хицæнæй, локалон хуызы нæй аргъгæнæн. Иуæй-иу фарстатæ дзы сæ равзæрд хæс- сыиц сæ размæйы замантæй, комкоммæ баст’ сты уыдонимæ. Уымæ гæсгæ хъуыддаг домы цыбыртæй зæгъьгн нæ иртасæн куы- сты разæуу^елты тыххæй, стæй, цы рæстæг райстам, уымæн йæ арæнтæ сбæрæг кæнын. Æнæ литературон уацмыстæ литературон критикæ нæ равзæ- ры æмæ нæ цæры: «...искусство и литература идут об руку с кри- тикою и оказывают взаимное действие друг на друга»1. Фæлæ конкретон хабæрттæ хынцгæйæ уыцы æгъдау алы хатт иухуы- зон нæ разьгны. Цæвиттон, вæййы аив литературæ, фæлæ нæма вæййы литературон критикæ. Уæлдайдæр та, дзырд ’национ ли- тературæйы кардзæуæныл куы цæуа, уæд. Уымæн йæ аххосæгтæ вæййынц алыхуызæттæ æмæ сын бамбарæн ис, литературæ цы адæмы удыхъæд æвдисы, уыцы адæмы социалон-политикон æмæ культурон царды уавæртæй. Уыцы уавæрты ахадындзинад Ирыстоны дæр уыд стыр. Сæй- 1 В. Г. Белинский. Собрание сочинений, 1979, т. 5, с. 81. 5
рагдæрæн ам банысан кæнын æмбæлы цалдæр хъуыддаджы:- скъолаты мадæлон æвзагыл кæй нæ ахуыр кодтой, æмæ национ кадртæ кæй нæ рæзыдысты; периодикон мыхуыр кæй нæ уыд. • Газеттæ æмæ нæм журналтæ зынын куы байдыдта, уæд та сæ цæрын нæ уагътой, уайтагъд-иу сæ сæхгæдтой. Афтæмæй лите- ратурон критикæйы национ традицитæн рæзæн нæ уыд. Сæйра’г цæлхдурæн та банысан кæнын хъæуы «æппæты реакциондæр паддзахадон æвæрд»— царизм, чысыл адæмтæ фыдкарз æф- хæрд»1 кæм æййæфтой. Цавæрфæнды къаннæг национ-культурон хъуыддагæй дæр æнхъæл уыдысты стыр фыдбылыз æгас пад- дзахады æнцойдзинадæн æмæ йæ æгъатырæй хуыдуг кодтой. Ирыстоны исты ирон ном хастаид, уымæн бар нæ уыд2. Ахæм уавæрты литературон критикæйы рæзтыл зын у дзурын дæр. Октябры революци куы фæуæлахиз, уæд уыцы къуылымпы- тæ ахаудысты, фæлæ уæддæр ирон литературон критикæ афтæ • тагъд нæ райдыдта æндидзын, стæй æмткæй литературæйы хъуыддаг дæр. Уымæн йæ аххосаг — æддагон интервенци æмæ мидхæст. Адæмон хæдзарад пырх кæй баййæфта æмæ дыууы- нæм азты фыццаг æрдæджы культурон арæзтад тынг уæззау экономикон уавæрты кæй уыди, уый. Октябры революцийы фæстæ Ирыстоны литературон-крити- кон хъуыдыйы рæзтæн тынг фæахъаз Ирон историко-филологон æхсæнады куыст3. Уым æмбырд кодтой хицæн фысджыты уац- мыстæ æмæ сфæлдыстад, се ’мбырдты сыл кодтой критикон ны- хас, фыстой сыл цыбыр рецензитæ. Уыцы æхсæнадæй 1925— 1926 азты Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн . институт арæзт куы æрцыд, уæд дыууæ томæй рацыдысты, уый онг сæм крити- кæйы жанры цыдæриддæр æрæмбырд, уыдон — хйцæн рецензи- тæ æмæ суагъæтæй райдайгæйæ уæрæх фыст уацты онг. Ам сты советон дуджы ирон литературон-критикон хъуыдыйы райдианы ахадгæдæр критикон уацтæ — фылдæр ивгъуыд литературон бынтæн аргъгæнæг. Уыцы бынтæ, куыд нæ монон царды уидæг- тæ, æнцон бамбарæи æмæ рафæлгъауæн нæ уыдысты. Фæлæ но- джы зындæр та уыд уыдон ног заманимæ афтæ сбæттын, цæ- мæй ног, коммунистон цардуагыл аудой. Уымæн æмæ «ГГролетар- 1 В И. Ленин. Полное собрание сочинений, т. 24, с. 380. 2 Г9П азы ирон интеллигенцийæ цалдæр лæджы Терчы облæсты хицауы номыл балæвæрдтой курдиат, цæмæй сын уый бар раттаид Дзæуджыхъæуы ирон литературон-музыкалон-драмон къорд бакæнынæн, фæлæ уый ахæм кур- диатыл не сразы: «Куыд йæ ном, афтæ йæ хæстæ дæр, сæ нысан ирон лите- ратурæ, музыкæ æмæ аивад ахуыр кæнын кæмæн у.., æвдисынц уый, æмæ къорды нысæнттæ сты æрмæстдæр прон национдзинад рæзын кæнын. Уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы ирон литературон-музыкалон-драмон къордæн арха- йыны бар лæвæрд ма æрцæуæд». Культурон арæзтад Цæгат Ирыстоны (1917— 1940), I т., Орджоникидзе, 1974, 5 ф. 3 Ирон историко-литературон æхсæнад сæвзæрд 1919 азы, апрелы мæйы Дзæуджыхъæуы. 6
ская культура должна явиться закономерным развитием тех за- пасов знаний, которые человечество выработало под гнетом ка- питалистического общества, помещичьего общества, чиновничье- го общества»1. Уыцы автортæ — нæ культурæйы раззаг адæймæгтæ: Гæдиа- ты Цомахъ, Бекъойты Гиуæрги, Тьгбылты Алыксандр æмæ ин- нæтæ æмбæрстой уый, æмæ уымæ гæсгæ дыууыпæм азты фыццаг æрдæджы къуындæг æмæ тыхст уавæрты дæр ахсджиаг хъуыд- дагыл нымадтой ирон культурæйы зынгæдæр архайджыты сфæл- дыстадон бынтæ ахуыр кæнын æмæ иртасын, уыдонæн нæ адæ- мы царды цы стыр бынат ис, уый бацамоиын. Ирон критиктæ æмæ литературæиртасджытæй иуты хъуыды- мæ гæсгæ, цы авторты кой ракодтон, уыдоны уацтæ хаст цæуынц литературæйы историмæ, литературон критикæйыл-сæ нæ ныма- йыиц. Уымæн æмæ, дам, ивгъуыд рæстæджы чи цард, уыдоны фыстытæ хауыпц историмæ — Къоста, Секъа, Мамсыраты Те- мырболат æмæ иннæтæ сты ирон литературæйы истори, уымæ гæсгæ уыдоны тыххæй фыст уацтæ дæр* хауынц литературæйы исторнмæ. Литературон критикæйы хæстæ та, дам, сты нырык- кон литературæ æмæ литературон царды хабæрттæ. Фæлæ аив уацмыстæ цæрынц дæргъвæтин рæстæг. Уыдон алы замантæ дæр «бакæсыиц сæхирдыгонау,æмæ уыдон ра.фæлгъауын, царди- мæ сын ’бастдзинæдтæ аразын — уый у критикæйы хæс: «Лите- ратурная критика должна осмыслять, оценивать и произведения, созданные в историческом прошлом, даже далеком прошлом... При’этом она остается литературной критикой, рупором стоя- щей за ней общественности»2. «Критика — даже если она гово- рит о произведениях прошлого — выступает как часть, как ком- понент литературы, в системе которой она выступает как фор- мирующая сила, а не литературоведения (т. е. науки о литера- туре)»3. Дыууынæм-æртынæм азты ивгъуъгд литературон бын- тæн аргъ кæнын уыд комкоммæ литературон критикæйы хæс. Æмхуызон хæрзхъæд ие сты ацы критикон фæллæйттæ, фæ- лæ уæддæр бæлвырд æвдисынц, ирон советон литературæйы рав- зæрд æмæ рæзтимæ йæ теоретикон химбарынад дæр куыд рæ- зыд, уый. Уæлдай стырдæр нысаниуæг уыд Гæдиаты ’Цомахъы литера- турон-критикон архайдæн. Куыд йе ’хсæнадон куыст, афтæ йæ эстетикон цæстæнгас дæр фидар хæст уыд Хетæгкаты Къостайы революцион-демократон традицитыл. Асхджиаг нысаниуæг ис, Къоста, Мамсыраты Темырболат, Пэедиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо, Къубалты Алыксандры цард æмæ сфæлдыстадыл 1 В. И. Ленин. Полн. собр. соч., изд. 5-ое, т. 41, с. 304—305. 2 Б. Н. Поспелов. Литературоведение и литературная критика. В книге «Пробле’мы теории литературной критики», 1980, с. 23. 3 В. Кожинов. Критика как компонент литературы. В книге «Современ- ная литературная критика», 1974, с. 170. 7
цы уацтæ ныффыста, уыдонæн. Ирон литературæйы классикты сфæлдыстад фыццаг хатт анализгонд ,æрцыд Цомахъы уацты, цы методологон принциптæй сæ рафæлгъуыдта, уыдон æмткæй райсгæйæ сæ тыхы сты абон дæр. 20-æм азты фыццаг æмбисьг ирон литературæйы фылдæр ар- хайдтой, зæронд царды скъола чи бакаст, зындзинæдтæ дæр фыл- дæр чи ^бавзæрста, уыдон, уымæ гæсгæ сæ архайд, сæ куыст дæр уæзбындæр, бонзонгæдæр уыд. Уавæр цадæггай ивын райдыдта 20-æм азты æмбисæй фæстæмæ. Уыцы рæстæджы ирон литера- турон змæлдьг бæстастæу уыд пролетарон фысджыты ассоциаци «Зиу»1,— 20-æм азты дыккаг æмбис æмæ 30-æм азты • райдиан ирон литературæ æмæ критикæйы рæзты зынгæ фæд чи ныууагъ- та. Уый архайдимæ баст у нæ иртасæн куысты арæнтæ обæрæг кæнын. Ирон пролетарон фысджыты ассоциаци йæ æрвылбоны куыст æмæ архайд баста Уæрæсейы пролетарон фысджытьг (РАПП) куыст æмæ архайдимæ. Уыдонæн характёрон уыдысты къорд рæ- дьгд цæстæнгас æмæ хъуыдыйы. Уыцы рæдыдтытæн се стырдæр уъгд — ивгъуьгд культурон бынтæм æнæууæнк ахаст æвдисын æмæ уыйадыл хистæр фæлтæры фысджытыл æнæрвæссон кæ- нын. Сæ нысан уыд, адæймаджы ивгъуыдæй хицæнгонд чи уа, ахæм сæрмагонд пролетарон литературæ саразын. Раппонты рæ- дыдтытæ цæхгæр гуылмыз формæтæ истой Ирыстоньг пролета- рон фысджыты цард æмæ куысты. Куыдфæстагмæ сæ царды нормæ сси къордтæ кæнын,хистæр фæлтæры фысджыты—бур- жуазон, контрреволюцион кæй хуыдтой — уыдон дæрæн кæньгн, административон æгъдауæй лйтературæйы гегемони райсын. Сæ архайæн гарз сси гуымиры вульгарон социологизм. 1930-æм азмæ Ирыстоны пролетарон фысджыты хъуыддæг- тæ афтæ сæмхæццæ сты,.æмæ дзы пролетарон чи уьгд æмæ чи нæ уьгд, уьгй дæр ничиуал зыдта. Рæстæг та цьгд æмæ домдта царды судзаг фæрстытæн конкретон дзуаппытæ. Литературон бьгнтæ иудадзьгг куыд фауддзаг, æнад кбдтой, уымæн бьгхсæн нал уыд. Бьгхсæн нал уыд, организацион фарстаты цы уавæр сæв- зæрд, уымæн дæр. Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссары- пролетфыс- джыты ассоциацитæн кæрæдзиимæ ницыуал бастдзинад уьгд. Ацы хъуыддæгтæ хъуыд æрбæстон кæнын. Афтæмæй 1930 азы 10—16 октябры Чъребайы æрæмбырд сты æппæт Ирыстоны пролетарон фысджытæ сæ фыццаг съезд- мæ. Съезд кæд пролетарон фысджыты съезд хуынд, уæддæр дзы архайдтой æппæт фысджытæ дæр. Уый уьгд, 20-æм азты Ирьгсто- ны пролетарон литературон змæлды фæндæгтæ иууылдæр кæм 1 «Зиу» сæвзæрд Мæскуыйы уæлдæр скъолаты ахуыргæнæг ирон фæсивæ- ды хъæппæрисæй 1924 азы Уæрæсейы пролетарон фысджыты ассоциацийы (РАПП) дæлбазыр’, 1925 азæй фæстæмæ куыста Ирыстоны. «Зиу»-ы куысты тыххæй бæлвырддæр кæс нæ критикон уацты чиныг «Уидæгтæ æмæ къабæз- тæ», 1985, 31—50 ф. 8
æрæМ’бырд сты, ахæм æлхынцъ. Йæ разы цы нысæиттæ æвæрд- та, уыдонмæ гæсгæ сси йæ заманы Ирыстоны литературон цар- ды сæйраг цау æмæ нæ литературæйы историмæ бацыд куыд æппæт сфæлдыстадон тыхтæ иугæнæг съезд. Съезды сæйраг доклад — Ирыстоны пролетарон литературæ- йы фæндæгтæ, зæгъгæ, ахæм темæйыл скодта Хъуылаты Созы- рыхъо. Уый аив литературæйы сæйрагдæр фарстыл банымад- та царды æцæгдзинад фæлгъауын- Фæлæ нæ адæмы цард æмæ зонды цы стыр æмæ арф социалон æмæ психологон ивдты- тæ æрцыд, уыдон фенын æмæ раиртасын фыссæгæй домдта фи- лософы фæлгъауæг хъуыды æмæ нывгæнæджы уынаг цæст. Не ’взонг пролетарон фысджытæ та хъуаг уыдысты уыцы миниу- джытæй. Созырыхъо йæ цæстæнгас сарæзта уацмысты социалон-кълас- сон апмæ. Раст, объективон аргъ скодта иуæй-иу факттæ æмæ уацмыстæн дæр, фæлæ уæддæр йæхи нæ бахызта бæрæг ;хъæн- дзинæдтæ æмæ рæдыд хъуыдытæй. Иæ сæйрагдæр рæдыд уый уыд, æмæ пролетарон литературæ кæй иртæста æппæт национ литературæйæ. Афтæ йæм каст, цыма, цас литературæ размæ~- дзыддæр уа, уыйас тынгдæр хъуамæ æрцæуа дихгонд: «Нæ ли- тературæ фæстæзад кæй у, уымæ гæсгæ хицæн къордтæ скæны- ны онг кæд нæма бахæццæ стæм»1. Созырыхъо йæ доклады рæдыд хатдзæгмæ кæй тасыд, уы- мæн йæ аххосаг уыд, йæ доклад сæрысуангæй сахъат методыл кæй снывæста, уый мидæг,— йæ уд хъардта цахæмдæр сæрма- гонд пролётарон литературæ æмæ пролетарон фысджытæ «сара- зыныл». Уыимæ дзырдта афтæ, цыма æппæт хъуыддæгтæн иу- иæг йæхæдæг уыд æфсин, ахæм административон, диктаторон хъæлæсы уагæй. Æнхъæлдта, цыма лæгдыхæй, æрсидтытæй ба- кæнæн ис цæмæндæриддæр. Уыйадыл йæ бон нæ бацис ирон аив литературæ æмæ литературон царды зынгæдæр факттæ æмæ фарстаты тыххæй æмбаргæ хъуыдымæ æрцæуын æмæ сæ раст алыг кæнын. Æмткæй райсгæйæ æвæрддзæгыл банымаинаг у литературон бынты.фæдыл Къосыраты Сæрмæты доклад. Бæрæг у, ацы фар- стайыл кусгæйæ Къосыраты Сæрмæт йæ раздæры рæдыд хъуы- дытæй кæй скодта раст хатдзæгтæ, пайда кодта ^культурон бын- тæн аргъ кæныны тыххæй Ленины хъуыдытæй. Йæ архивы алы- хуызон гæххæттытимæ æмбæлæм, банысангонд проблемæйы фæ- дыл Ленины куыстытæй кæй рафыста æмæ йæ доклады хатдзæг- тæ аразгæйæ кæмæй спайда кодта, ахæм цитатæтыл. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ доклады фæдыл съезд цы резолюци рай- ста,уый канд Сæрмæты æмæ иннæ пролета’рон фысджыты хъуы- ды нæ уыд, фæлæ хистæр фæлтæрЫ фысджыты хъуыды дæр. Съезд ахсджиаг хъуыддагыл банымадта^ революцийы размæ культурон хæзнатæй нæм цы баззад, уыдон кæй хъæуы лæмбы- 1 «Фидиуæг», 1930, №№ 11—12, 79 ф. №
нæг сахуыр кæнын, уый фæстæ сæм кæй хъæуы критикон цæст- æнгас æрдарын. Æнæ уый нæй рæзæн ирон пролетлитературæ- й’æн. Банысан кодта, Хетæгкаты Къоста æмæ Брытъиаты Елбы- здыхъойы сфæлдыстад ирон литературæйы историйы цы ахсджиаг бынат ахсы, уый: «Хетæгкаты Къоста æмæ Брытъиаты Елбыз- дыхъойæн сæ бон у се сфæлдыстадæй Октябры революцийы хъуыддагæн лæггад кæнын æмæ лæггад дæр кæндзысты»1. Уый уыд стыр цæлхдур уыцы дыууæ фыссæджы сфæлдыстад зы- гъуыммæгæнæг критикæйæн. Резолюцийы амынд æрцыд, зæгъгæ,. ахæм методæй архайын хъæуы, октябры агъоммæйы рæстæгæй нæм литературон бынтæй цыдæриддæр ис, уыдонимæ дæр. . Позитивон уыдысты, организацион фарстатæ æрбæстон кæ- ныны тыххæй съезд цы тæрхæттæ рахаста, уыдон дæр. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фысджыты æмгуыстдзинад * хъуамæ фи- даргонд цыдаид афæдзæй-афæдзмæ дыууæ хатты иумæйаг æм- бырдтæй, сæ куысты фæдыл та кæраедзийæн хъуамæ æдзухдæр лæвæрдтаиккой информаци. Ахсджиаг ма уыд ахæм уынаффæ дæр, цæмæй арæзт æрцыдаид хицæнтæй «Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны советон фысджыты федерацитæ». Уый фæрцы хистæр æмæ кæстæр фæлтæры (Ьысджытæ куыстаиккой иумæ, æмæн- дæвд кодтаиккой кæрæдзийыл. Организацион фарсты фæдыл æмгуыст кæнын æмæ федера- цитæ аразыны зондмæ кæй æрцыдысты, документ скæнынæй йын закъоны иысаниуæг лæвæрд кæй æрцыд, уый уыд ахсджиаг къахдзæф иумæйаг национ культурæ дарддæр рæзыны фæнда- гыл. Фæлæ уæд, 20-æм азты кæрон — 30-æм азты райдиан, хицæ- иæй Ирыстоны фысджыты баиу кæныны фарста æнцон алыг кæ- паен нæ уыд цы фæиды бæрзонд æмбырды фидар уынаффæтæ æмæ резолюцитæй дæр. Кæд съездæн ,йæ нысан фысджыты æрбангом кæнын уыд, уæддæр сæйраг доклад æмæ, уый фæдыл цы быцæу ныхæстæ ра- уад, уыдоп фидауыны ’рдæм арæзт нæ уыдысты. Кæрæдзийы кæй не ’мбæрстой, уыцы хъуыддаг съезды фæстæ ноджы фæ- карздæр. 20-æм азты кæрон —30-æм азты райдиан Ирыстоны литера- турон тыхтæ баиу кæныны фарста вазыгджын кæй уыд, уымæн йæ аххосаг уынын хъæуы ноджы уый мидæг, æмæ ИПФА уыд РАПП-ы организацион хæйттæй иу. Уымæ гæсгæ хицæнæй, ав- тономон æгъдауæй-цаодаид, уый гæнæн нæ уыд. Афтæмæй Иры- стоны пролетарон фысджытæ сæ съезды кæд литературон тыхтæ иугæнæг резолюци рахастой, уæддæр сæ практикон куысты ра- замындæн истой РАПП-ы уынаффæтæ, уыдон та уыдысты къорд- тæ-дихтæ кæныны хъуыддаг цыренгæнæг. Фæлæ уæддæр, нысангоид куыд æрцыд, афтæмæй дыууæ Ирыстоны фыццаг баиугонд съездæн уыд ахсджиаг иумæйаг ли- 1 ХИЗИИ-йы архив, 3 фонд, сфысты № 4,,æвæр. иуæг 1, 173 ф< 10
тературон æмæ культурон нысаниуæг, куыд ирон фысджыты æм- гуыст кæнынмæ тырнынæвдисæг съезд. Уый банысан кодта, æп- пæт дыууынæм азты ирон фысджытæ карз литературон æмæ идеологон тохты цы коллективон зондмæ æрцыдысты, уый. Уы- цы коллективон зондахаст уæдмæ аивадон хуызы бæстон лыг- гонд æрцыд Цомахъы уацау «Фыдæлты намыс»-ы æмæ йæ рево- ’люцион-патетикон æмдзæвгæ «Ныстуан^-ы1. Уымæ гæсгæ ирон советон литературæйы дыууынæм азтæ балхынцъ вæййынц Иры- стоны пролетарон фысджыты фыццаг съездыл, æмæ уырдыгæй райдайынц 30-æм азтæ2. Кæй зæгъын æй хъæуы, историкон-лите- ратурон рæстæджыты ’хсæн нæй цæхгæр арæнтæ æвæрæн, иу дзы райгуыры иннæмæй æмæ йæ дарддæр хæццæ кæны, уымæ гæсгæ уыцы рæстæджытæ вæййынц, куыд сыл бакыхас кæнынц, уымæ гæсгæ. Фæлæ^нæ литературæйы йсторийы 20-æм—30-æм азты ’хсæн* йæ ахадындзинадмæ гæсгæ Ирыстоны пролетарон фысджыты фыццаг съездæн ис ахæм арæнхъæды нысаниуæг. Æмткй&й та Ирыстоны литературон цард 30-æм азты къæсæрæй бахизгæйæ йемæ бахаста æвзонг хъаруты знæтдзинад, бахаста æнæлыггонд проблемæтæ, æмæ сæ лыг кæнын бахъуыд уым. 1 «Фыдæлты намыс» æмæ «Ныстуан» фыст æрцыдысты 1930 азы. 2 Ирон соЪетон литературæйы очеркты историйы уыцы арæн æнæ исты бæлвырдгæнæнæй хастæуы 1929 азмæ4 11
I сæр. ЦАРДЫÆЦÆГДЗИНАД ÆМÆ НЫВГÆНÆДЖЫ КОНЦЕПЦИ 30-æм АЗТЫ ИРОН ЛИТЕРАТУРОН КРИТИКÆИЫ -æм азтæ, куыд æплæт советон адæмы царды, афтæ ирон адæмы царды дæр уыдысты тынг ахсджиаг рæстæг. Уыдон нæ социалистон æхсæндза!рды нысангонд æрцыдысты, куыд зæ- рондæй ногмæ разилыны азтæ. Æрцыд арф æмæ цæхгæр исто- рион-социалон, æгъдаугъæд-психологон ивдтытæ. Уыцы ивдты- тæ æнцонæй нæ цыдысты, сæ сæрыл хъуыд тох самайын. Уый уыд уæлахизхæссæг Стыр Октябры социалистон революцийы дыккаг къахдзæф. Вазыгджын уавæр уыд сфæлдыстадон организациты царды. РАПП культурæйы кусджыты къордтæ кæй кодта, уыцы фарста кæд Ирыстоны пролетарон фысджыты Фыццаг съезды ахъаззаг ныхасаг сси, .æргом сдз.ырдтой йæ хъæндзинæдты тыххæй, уæд- дæр литературон царды боны фæткæй ист нæма æрцыд. Суанг ма, 1932 азы СЦКП-йы ЦК уынаффæ куы рахаста лн- тературон-сфæлдыстадон организациты куыст рацаразыны тых- хæй, уæддæр сæ кæнон нæ уагътой. Уыйадыл Ирыстоиы литературон-культурон царды æртынæм Жзты дæр вульгарон социологизм йæхи æвдыста хæстхъомæй. Уæлдай карздæр уыди фысджыты съездæй партийы ЦК-йы уæл: дæр банысангонд уъшаффæйы рацыдмæ — афæдз æмæ æрдæ- гæй фылдæр. Цахæм конкретон хъуыддæгтæй бæрæггонд цæуы уый? Уыцы рæстæджы Ирыстоны пролетарон фысджыты хицæн къордты ’хсæн, стæй уыдон æмæ хистæр, ома, æмбæлццон, кæнæ лыстæгбуржуазоп-националистон кæй хуыдтой, уыцы фысджы- ты ’хсæн лæбурдтыты, цæхæркалæг кæрдты дзæхстыты аренæ уыдысты литературон æмбырдтæ, диспуттæ, мыхуыры оргæнтæ— журпалтæ «Фидиуæг», «Литературон хъазуатон», газеттæ «Хур- зæрин», «Рæстдзинад», «Æрыгон большевик», Ирььетоньгзоиадон иртасæн институты Уацхъуыдты æмбырдгонд (1932) æмæ, уæл- дайдæр та, Хуссар Ирыстоны пролетарон фысджыты æрвыл- къуырион оргæн «Большевикон аивад» (1931—33). Фæстагмæ * уыцы быцæутæм - бафтыд ноджы дыууæ Ирыстоны прблетарон фысджыты ’хсæн æндыгъд ахаст дæр. Уыцы быцæутæ сæ рав- зæрд фылдæр хастой раздæры рæстæджытæй,—быцæу цы хъуыд- дæгтæ сайдтой, уыдон æрцыдысты дыууынæм азты, фæлæ сæ 30 12
«фæйлауæнтæ ранхъæвзтой. Уьтцы фæйлауæнтæ-иу хатт афтæ сызнæт сты, æмæ цæттæ уыдысты, сæ разы цыдæриддæр æййæф- той, уыдон ныххафынмæ. Ног æмæ та-иу ног сæ дзырды сæр сси малусæгад1. Фæстæдæр Ирыстоны пролетарон ’фЫсджыты орга- низаци «Зиу» альманах «Зиу»-ы дыккаг чиныджы рацыдæй йæ лозицитæ кæй фæлæмæгъдæр кодта, малусæгонты се ’хсæнмæ кæй æрбауагътой, уый сын уыди быцæуы хос. «Зиу» кæд проле- тарон фысджыты ассоциаци уыд, уæддæр æй фæстагмæ баны- мадтой «малусæгонты дыккаг фазæйыл»2. Дыууæ Ирыстоны пролетарон фысджыты ’хсæн цы быцæу ныхас сытынг, уый дæр комкоммæ баст.уыд малусæгонтæ, æмæ йæхи æвзонг, пролетарон чи хуыдта, уыцы фысджытæ кæй нал фидыдтой, ууыл. Фæстæгтæ раззæгты нымадтой идеологийæ са- хъатджыныл, литературæмæ лыстæгбуржуазон идеологи хæс- джытыл, сæхи та — пролетаронтыл, ног царды фæдисæттыл. Хуссар Ирыстоны пролетарон фысджыты ассоциацимæ афтæ фæкаст, цыма Цæгат Ирыстоны прЪлетарон фысджытæ фаг ак- тивон не сты, фаг нæ тох кæнынц зæронд фысджытимæ. Уый- адыл ХИПФА-йьг уæнгтæ сæ коллективон фыстæджы хъусын кодтой ЦИПФА-йы уæнгтæн: «Куыд бамбæрстам, афтæмæй сы- махæн уе ’хсæнæй чидæртæ нырма рæстмæ не ’мбарынц, цы "рцыдис, уый3. Ома малусæгонтæ «трояг бæхау» æрбаирвæзты- сты зиууонтæм æмæ сæ сæ идеологийæ фæхъæстæ кодтой, амард «ЗИУ». Уæддæр ма йæ малусæгон идеологи цæуы, æмæ уымæ гæсгæ дарддæр тох кæнын хъæуы йæ ныхмæ. Ногæй та уыцы фыстæджы загъдгонд ’æрцыд, хистæр фæлтæры ’ фысджытæ — малусæгонтæ — сты кълассон знæгтæ æмæ сæ хъæуы сæттын. Фыстæг кæд Хуссар æмæ Цæгат Ирыртоны пролетарон фыс- джыты иудзинады лозунгимæ æрвыст æрцыд, уæддæр хъуыддаг иннæрдæм разылд æмæ загъды хос сси, «большевикон хъæддых- дзинадæй сконсолидацикæнинаг» цьг тыхтæ уыдысты, уыдон кæ- рæдзийы ныхмæ фесты. ЦИПФА-йы секретариат йæ дзуаппон фыстæг æрæрвыста но- джы карздæр ныхæстимæ. ХИПФА-йы фыстæг сæхицæн баны- мадтой æфхæрдыл, цыма сын сæ суверенитетмæ ныхилынц, аф- тæ æмæ сæ фæаххосджын кодтой «троцкистон контрабандæйæ». "Сæ уæлвæд «Большевикон аивад» ныммыхуыр тодта дыууæ фы- стæджы фæдыл дæр редакцион уац, фæлæ уый дæр хорз ахъаз- 1 Альманах «Малусæджы» номæй рацыд 1922 азы г Дзæуджыхъæуы Бе- тсъойты Гиуæргийы редакцийæ. Мыхуыр дзы уыдысты революцийы агъоммæ нронау фыст æмæ тæлмац уацмыстæ. Малусæгонтæ, малусæгад ног, пролета- рон фысджытæ-зиууонты ныхасæй сси хистæр, зæронд фысджыты иумæйаг- тонд ном компрометацигæнæг идеологон(мидисимæ. Малусæгонтæ-зиууонтæ— дыууынæм азты идеологон тохты дыууæ кæрæдзийы ныхмæ æвæрд полгосы. 2 «Болыневикон аивад», 1932, 28 февраль. 3 Уый дæр уым, 1931, № 1, 2 ф. / 13
гæнæг нæ уыд, ЦИПФА-йы ’фыстæг банымадта «афтид фразæ- тыл». Уавæр афтæ кæй æмбæрстой дыууæрдыгæй дæр, зæгъгæ, со- циализм тыхджындæр кæнынимæ кълассон тох дæр цыренæй-цы- рендæр кæны, æмæ цыма фысджыты ’хсæн дæр фылдæр кæнынц, буржуазон-националистон, троцкистон элементтæ, уымæ гæсгæ 1930 азы РАПП-ы къухдариуæггæнджы’тæ цы лозунг раразмæ кодтой—«сидæм хъазуатонтæм литературæмæ», зæгъгæ, ууыл ныххæцыдысты æмæ тынг активонæй байдыдтой хонын конда- ды хъазуатонты сæ рæнхъытæм: «Хъæуы, æнæмæнг, хъазуатон- тæм литературæмæ æрсидын. Уыцы æрсидт фæтыхджындæр- кæндзæн нæ пролетарон литературæ æмæ суыдзæн большеви- кон фидар хотых»1. " ~ * Афтæмæй пролетарон фысджыты рæнхъытæ фылдæр кодтой, фыссæджы курдиат кæмæ нæ уыд, ахæм адæймæгтæй: алы хъæу, алы куыстуаты дæр арæзт цыд литературон къордтæ. ; Хъазуатонтæн литературон фронты афтæ стыр ныса’ниуæг ^ кæй лæвæрдтой, уымæн хорз æвдисæн сты пролетарон фыссæг Бæдоаты Хъазыбеджы ныхæстæ: «Афæдзы размæ РАПП фæ- сидт хъазуатон кусджытæм, цæмæй æрбацæуой литературæмæ... æмæ ныр сæ рæнхъытыис мин, æмæ æрдæг фыссæджы бæсты дæс мины... Уыдонæй стай проценты сты фабрикæ-заводты кус- джытæ. Уый у стыр æнтыст»2.,Ахæм проценттæ гыццыл нæ’уыд Ирыстоны пролетарон фысджыты ассоциацийы дæр. Æнæхъуа- джы куы нæ фыста поэт Ф^æрнион йе ’мдзæвгæ «Фыццаг ныдз- дзæхст»-ы: «Иу хæдзар нал баззад, Алкæм — поэт»3. Уыцы æрсидт канд уымæн нæ уыд рæдыд, æмæ фысджъггы рæнхъытæ литературæйæн æцæгæлон адæмæй кæй дзаг кодта, фæлæ ма уымæй д’æр, æмæ фæсивæды се ’цæг фæндагæй кæй ир- тæста. Пролетароп фыссæг хъуамæ хицæн кодтаид йæ куысты бæр- цæй дæр. «Продукци» бирæ чи нæ лæвæрдта, уый пролетарон фыссæг нæ хуыдтой. Сфæлдыстадон куыстмæ ахæм цæстæй кæй каст пролетарон фысджыты фылдæр хай, уый бæрæгæй зынд сæ фысты хъæдыл дæр — схематизм, штамп, примитивон сентенци- тæ уыдысты сæ сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, се ’ппæты сфæлдыстадæн уыцы иу барæнæй барæн нæй, фæ- лæ уæддæр уыцы заманы æвзонг ирон поэзийæн уый уыд æмт- кæй йæ характерон миниуæг. Мæнгæй-иу куы нæ фæкодтой уы- цы заман нæ фæлтæрд фысджытæ, æгæрыстæмæй, пролетарон фысджыхы ’хсæн тæккæ курдиатджындæрты дæр сæ ’ зæрдыл даргæйæ: «Зæрдæ цæмæй (барухс уа, ахæмæй — ницы4, «...нæй, нæ фæци амонд ирон стихы æмæ иу стæмты ’ иедтæмæ рæстмæ 1 Большевикон аивад», 1931, № 1, 2 ф. 2 «Рæстдзинад», 1931, 7 октябрь. 3 «Хурзæрин», 1930, 4 август. 4 «Рæстдзинад», 1928, 3 январь. 14
нæ кæны»1. Фæлæ хъуыддаг иудадзыг амондыл баст дæр кæм уыд, хъуыддаг æцæгдзинадæй уыд вазыгджындæр: сфæлдыста- дон фæсивæд нæма фæхæст ног дуджы æгъдæуттыл, уыцы æгъ- дæуттæ нырма сæхæдæг дæр уæлæнгай уыдысты. Фæсивæдмæ офæлдыстадон, стæй царды фæлтæрддзинад дæр кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ сæ цæстæй цы уыдтой, эмпирион æгъдауæй цы ^нкъардтой, уый уыцы хуызæнæй хастой гæххæтмæ дæр. Хистæр фысджыты сфæлдыстадмæ дæр ног темæтæ сындæг- гай кæй цыдысты, ног заманы цæргæйæ ивгъуыд цардыл кæй фыстой, уымæн дæр йæ аххосаг уынын хъæуы уый мидæг. Уы- дон кæд сфæлдыстадон куыст’ы фæлтæрд уыдысты, уæддæр схъомыл сты æндæр эстетикон рæстæджы, æндæр социалон-ис- торион уавæрты. Уымæ гæсгæ сын зын уыд сæхи уайтагъд ног царды домæнтæм гæсгæ рацаразын, ног цард йемæ цы хæрзæгъ- дау идеалтæ хаста, уыдон се сфæлдыстадон куысты сæрæвæрæн <жæнын. Сæ иутæ суыргъуыйау сты, цы ма кодтаиккой, уый нал зыдтой. Зæронд интеллигент проф. Мызыккаты М-йы Цæгат Ирыстоны пролетфысджыты æмбырды (1930) къуыммæ куы ба- хастой, зæгъгæ, ды цæуылнæ фыссыс ног царды хабæрттыл, уæд сын уый тыхстхуызæй дзуапп радта; «Цæмæн фыссын кæнут мæн колхозтыл, заводты тыххæй, мæхи бар мæ уадзут, æмæ цы зонон, уый тыххæй фыодзынæн»2. Фæлæ Ирыстоны пролетфыс- джыты раппон нормативтæ уый нæ амыдтой, æ’мæ «чи цы зыд- та», чи цæмæ хуыздæр арæхст, уый тыххæй фыстаид. Ахæм уавæры уыд Къубалты Алыксандр дæр. Уый ЦИПФА- йы иу æмбырды (1931) бафиппайдта, зæгъгæ: «...пролетарон фыстытæ чи иæ кæны, уыдонмæ хыл цæмæп кæнæм?.. Мах хуыз- дæр пролетарон фыстытæ куы ныккæнæм, уæд уыдон сæхуыд- тæг ныхъхъус уыдзысты». Фæлæ ахæм уавæр дæр быхсинагыл иæ нымадтой пролетарои фысджытæ: «Нæ, Алыксандр, ууыл дæр дын не сразы уыдзыстæм! Махæн æнæ хылгæнгæ иунæг ми- нут дæр кусæн нæй. Ахæм у нæ дуг! Мах кæнæм æдзухдæр бы- цæу, тох, æмæ немæ чи разы кæны, тохы махимæ чи цæуы, уый у махæй, махимæ чи нæцæуа, уый у мах ныхмæ, æмæ йæ цæмæй тагъддæр абырсæм, ууыл у нæ куыст. Фидыд нæй!.. Æрмæст ахæм тохы бындурыл... самайдзыстæм пролетарон литературæ»3. Ахæм хъæбæр ныхæстæй-иу хъуаг не ’ййæфта РАПП-ы центрон оогæн «На посту», æмæ дызæрдыггаг нæу, сæ автор Бæдоаты Хъа^ыбег дæр сæ уырдыгæй кæй райста. Хистæр æмæ кæстæр фысджыты ’хсæн хъæрмуд ахастæн æмæ ног царды фæзындтæ аивадон амæлттæй æвдисынæн хъыгдары- ны хос фæци,ФАПП-ы къухдариуæггæнæг Авербах 1931 азы цы лозунг раразмæ кодта «Цæдисон кæнæ знаг», зæгъгæ, уый дæр. Уыцы лозунгæн æххæст дзуапп лæвæрдтой Хъазыбеджы уæлдæр 1 «Фидиуæг», 1934," №№ 7—8, 126 ф. 2 Альманах «Абон», 1932, № 1, 5 ф. 3 «Рæстдзинад», 1931, 7 октябрь. 15
ракойгонд ныхæстæ, ома„ æвзонг прблётфысджыты рæнхъы чи нæ ис, йæ куыст хылы бындурыл чи нæ кæны, уыдон махæй не сты, махимæ чи нæ ис, уыдон ныхмæ та «хъуамæ цæуа карз тох, æмæ афтæмæй тагъд сбæрæг кæнæм, чи у махæй æмæ чи у ма- хæн знаг»1. Иæ редколлегийы хъуыды æмæ архайдмæ гæсгæ ахæм куыст хъуамæ кодтаид альманах «Абон». Уый хъуамæ ма уыдаид, йæ размæ Ирыстоны цы мыхуыры оргæнтæ уыд, уыдонæй иуы хуы- зæн дæр, хъуамæ æххæст кодтаид «цæхгæр æндæр хæстæ». Альманахы разныхасы йæ редактор Бæдоаты Хъазыбег æп- пæты разæй йæ оппозици равдыста альманах «Малусæг»-мæ, куыд^ «ирон буржуазон-националистон интеллигенцийы» оргæн- мæ: «ЗИУ» лыстæг-буржуазон организаци кæй уыд.., уый йæ но- мæй дæр бæрæг у. Зиу у, фыццаг заманы-иу цъулбертæ мæгуыр- ты цармæй тона цы ’&сонæй кодтой, уыцы æмбæрзæнтæй иу»2. Нæ фæцыд Хъазыбёджы зæрдæмæ газет «Рæстдзинад»-ы уæ- ’лæмхасæн «Размæ» дæр, æвзонг фысджытæн «æрмæст сæ фыс- тытæ мыхуыры цæмæй цыдаиккой, уый тыххæй уагъд æрцыди... æндæр ницы хæстæ æрæвæрдта йæ разы»3. Фæлæ, зæгъгæ, «Абон»-ы нысæнттæ æндæр сты,—уый аккаг ныхкъуырд ратдзæн малусæгонтæн, сæмбырд кæндзæн пролетарон фысджыты, «æп- пындæр сæ арвистон никæимæ кæндзæн»4, афтæмæй. Ахæм по- зицийыл лæугæйæ альманах бирæ рæстæджы кæй нæ ахастаид, уый бæрæг уыд, æмæ, æцæгдæр, фыццаг номырыл фæци йæ цард. Иу дзырдæй, бæрæг уыд, раппон къобали лæдзæгыл чи хæ- цыд, уыдон хъуыды: семæ чи уыд, сæхицæй кæй хуыдтой, уы- дон — хорз, иннæтæ иууылдæр •—дæрæн кæнинаг. Фауддзаг сын уыдысты, сæхицæй дарддæр адæймагад мин азты дæргъы цыдæ- риддæр сфæлдыста, уыдон, уыимæ сæ фарсмæ, сæ цуры чи куыс- та, уыцы хистæр кары фысджыты сфæлдыстад дæр. Фæлæ пролетарон литературæйы номæй чи дзырдта, уыдо- нæн сæхицæн дæр æххæст бæлвырд нæ уыд; уæддæр цы у, цы- хуызæн хъуамæ уа пролетарон литературæ. Æмбырдтьг сæ ра- ныхæсты, мыхуыры сæ критикон уацты иудадзыгдæр кодтой сыгъдæг пролетарон фысты кой. Уыцы фысты адæймаг нæ зыд- та сагъæс, æнкъард, никæцы хъуыддаджы кодта къуылымпы, джитæн, йæ хъарутæ уыдысты æгæрон, ома, царды куыд вæййы, афтæ нæ, фæлææндæрхуызон, «кæнгæ» адæймаг. Адæймаджы тыххæй ахæм концепцийæн бæрæг уыд йæ рав- зæрæн,—сæйраг адæимаг йæхæдæг нæ, йе ’ппæт сагъæстæ æмæ- тырныидзинæдтимæ, фæлæ адæймагыл æндавæг ног цардыуаг. Махмæ, Ирыстоны, уый æххæст дырыс теоретикон форм^еты æм- 1 Рæстдзинад, 1931, 7 октябрь. 2 Альманах «Абон», 1932, № 1, 5 ф. 3 Уый дæр уым. 4 Уый дæр уым, 6 ф. 16
бæрст æмæ æвдыст иæ цыд, фæлæ йæ кæцæй истой, уым уыдоьг куыстгонд уыдысты Лефы (аивады галиу фронт) къухдариуæг- гæпджыты ’рдыгæй. Домдтой «тох, æнауæрдон тох», «хыл» бæрзонд ныхасгæнæн- тæй, газеттæ æмæ журналты, фæлæ иудадзыг тох æмæ хьглæй дæр нæ рæзы хъуыддаг — уый дæр уыдтой. Уыдтой, фæлæ <йæ сæ зонд, сæ хъуыдымæ хæстæг нæ уагътой. Афтæмæй алы гыц- цыл хъуыддаджы тыххæй дæр лæууыдысты кардæлвæстæй.. Ирыстоны пролетфысджыты съезды фæстæ дискуссион ссис: чи у пролетарон поэт æмæ чи нæу, Ирыстоны пролетарон лйте- ратурæйæн уæвæн ис æви нæй. Бирæ рассæнд-бассæнд фæкод- той кæрæдзийы ацы фарстаты тыххæй дæр. Фыссæг хъæууон цардыл фыссы, уæд уый иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ нæ Увд пролетарон, фæлæ гутондарон, хъæууон фыссæг. Ирыстоц та? ^уæд уыд иугуыр аграрон бæстæ. Уымæ гæсгæ, дам, йæ литера- турæ дæр хъуамæ уа «гутондарон литературæ», пролетарон — нæ. ’ Иу бакастæй, ам цыма зæрдæхсаинагæй ницы ис, афтæ зы- ны. Фыссæг цард, дуджы рæстдзинад ’ æвдиса, сæйраг уый уг, хъæууон цардыл фысса æви кусджытыл,- интеллигенцийыл, уый: хъауджыдæр нæу. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг, уыд, æмæ иугæр* революцийы фæуæлахизуæвæг æмæ дзыллæтæн сæрибар хæссæг кусæг кълас у, уæд уый у дуджы рæстдзинад æвдисæг дæр æмæи уымæ гæсгæ пролетарон фыссæг, кæд йæхи уыцы номæй .хуыд- та, уæд хъуамæ æвдисгæ дæр кодтаид уыдон, ома, «дзæбугджын- ты» цард. Пролетарон фысджытæ комкоммæ дзырдтой: «Проле- тапон идеологи æвдисын сæ бон у æрмæстдæр кусæг фысджы- тæп»1. Гутондарты, хъæууонты та нымадтой лыстæгбуржуазон,, «цъулберон» идеологи хæсджь/тыл, æмæ уымæ гæсгæ уыдонæй чи рацыд, уыдоныл чи зарыд,- уыцы фысджытæ дæр уыдыстыуы- дон идеологийæ хъæстæгонд. Дискусси стынг литературон бьштæ æмæ ког литературæйы’ алыварс дæр. Æппæт уыЦы быцæуты никуы æрмынæг «Малу- сæг» æмæ «малусæгад», стæй «Зйу»-ы дыккаг чиныджы тыххæй’ карз, æфхæрæн ныхас. Фæлæ хъуыддæгтæ иууыл уыцы ссадвæдыл цыдаиккой, уый’ гæиæн нæ уыд. Дарддæр афтæ цæрæн æмæ кусæн нал уыд. Ком- мунистон парти РАПП-ы цы сахъæттæй фæдзæхста, уыдонæй йæхи-нæ бахызта. Иттæг фæхъæстæ «комчванствойæ, се ’хсæн иууыл тæссагдæр фæзындæй», «зæронд культурон бынтæм æмæ- ма афтæ аив дзырды дæснытæм зынæрвæссон ахастæй». Уйдо- нæй йæ фæдзæхста партийы ЦК, «Аив литературæйы фæдыл партийы политикæйы тыххæй», зæгъгæ, 1925 азьг 18 июны цьг резолюци райста, уым. Пролетарон фысджыты ассоциацитæ си- 1 «Фидиуæг», 1930, №№ 11—12, 85 ф. 2 Заказ № 59 17*
сты æцæг ныхдур литературæйы рæзты раз: «Уже в 1931 году стало ясно, что организационно РАПП превратилась в тормоз для дальнейшего развития всей советской литературы»1. Уыйадыл нæ партийы ЦК хъуыддагмæ лæмбынæг æркаст, са- хуыр æй кодта, æмæ 1932 азы 23 апрелы рахаста йæ зындгонд уынаффæ «Литературон-сфæлдыстадон организациты куыст ра- царазыны тыххæй». Уыцы уынаффæйæ куынæггонд æрцыдысты пролетарон фысджыты аосоциацитæ ВОАПП æмæ РАПП, боны фæткæй ист æрцыд фысджыты ’хсæн къордтæ-дихты фарст, Иры- стоны пролетарон фысджыты фыццаг съезд сæрмагондæй цы фар- стыл ныхас кодта æмæ уынаффæ кæй тыххæй рахаста, уый. ЦК- йы уынаффæйы загъдæуыд: «Советон платформæйыл цы фыс- джытæ лæууы æмæ социалистон арæзтады архайыимæ чи тыр- ны, уыдон иугонд æрцæуæнт Советон фысджыты иууюн Цæди- сы»2. Уыцы уынаффæ ХИПФА-йы оргæн «Большевикон аивад» ра-_ мыхуыр кодта цыппæрдæсæм июны, æмæ йыл æппæт совётон фысджытау Ирыстоны фысджытæ дæр сæмбæлдысты райгон- дæй. ХИПФА-йы фæстаг æмбырд уыд 1932 азы 15'июны, уым йæ- хи банымадта ликвидацигондыл, æмæ æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны Советон фысджыты Цæдисы оргапизацион комитет. Ахæм комитет сæвзæрста йæхицæн Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдис дæр. Банысангонд рæстæджы Ирыстоиы литературон цард афтæ æндыгъд кæй уыд, уый æвзæрырдæм зынд литературон крити- кæйы рæзтыл дæр. Литсратурон æрмæг анализ кæныны бæстн критикæгæнджытæ фылдæр æвдыстой сæхи субъективои ахаст, критикæ кæй кодтой, уымæ, уый фылдæр лыггæнæг уыд хъуыд- даджы. Ахæм критикæгæнджытæ сæ сæрмагонд хæсыл пымад- той, фыссæг «хæлар» у æви «знаг», «махимæ ис» æви «махимæ нæй», уый сбæрæг кæнын, «йæ гамхуд ын сисын». Уыцы уавæр уыдтой æмæ йæ æвзæрыл ньгмадтой, ироч лите- ратурæйы хъысмæт йæ зæрдæмæ арф чи хаста, уыдон. 1931 азы йæ мæлæты размæ Гæдиаты Цомахъ газет «Рæстдзинад»-ы са- гъæсгæпгæ фыста: «Нæ критикæ нырма фыццаг къахдзæфтл? кле- ны, куы æнæхъуаджы стауы, куы æнæхъуаджы дзæхстытæгæн- гæ фауы, куы та кæны чæгæр цæстмæхъус ныхас»3. Фæлæ уæдмæ Цомахъæн йæ тыхтæ æгæр скадавар сты, хасты æмæ алы фыд царды зынтæ йæ басастой, низæфхæрдæй 30-æм азты райдиан карз литературоп быцæуты бацæуьгн йæ бон н.ал уыд. Уымæй дарддæр литературон критикæйы ’йæ бон раст, прин- 1 В. Иванов. Идейно-эстетические принципы сов. лит-ры, 1975, с. 156. ’ 2 СЦКП-йы резолюцитæ æмæ съезд-тæ, конференцитæ æмæЦК-йы Пле- нумты уынаффæтæ, 2 т., 1970, 45 ф. 3 «Рæстдзинад», 1931, 30 август. 18
ципиалои ныхас зæгъын кæмæн уыд, уыдон дæр алы хатт бæ- рæг субъективон æмæ объективон аххосæгтæм гæсгæ се ’ппæт* хъарутæй нæ архайдтой. 30-æм азты литературон куыстæй бын- тондæр иуварс ацыд æмæ ахуыргæнæджы куысты ныллæууыд,. йæ литературон-эстетикон цæттæдзинад стыр хæзна кæмæн уыд, уыцы куырыхон лæг — Бекъойты Гиуæрги. Æрдзæй уæздан уды- хъæд рахæссæг адæймаг нæ бау^æдта, «Малусæджы» тыххæй йæ цы æбуалгъ азымты хай фæкодтой, уыдон, нал æртасыд йæ зæрдæ активон литературон-критикон куыстмæ, асаст. Раппон дæрзæг критикæйы ныхмæ йæ бон уыд фидар æрлæу- уын Нигерæн, уымæй æвдисæн сты, уыцы рæстæджы цы цалдæр* уацы ныффыста, уыдон. Фæлæ уый дæр уæд нырма ахуыр код- та, стæй та йæ хъус тынгдæр аздæхта зонадон-иртасæн æмæ пе- дагогон куыстмæ. Æппæты хъаруджындæрæй йæхи равдыста уыцы рæстæджы нæ культурæйы зынгæдæр архайæг Тыбылты Алыксандр. Уыйг йæ алывæрсыг æхсæнадон-рухсадон куыстимæ иумæ счъилды- сæй куыста литературон кри^икæйы дæр æмæ йын бантыст нæ фысджытæй ’бирæты вульгарон критикты дзæккорæй бахизын, кæд-иу сæ уый тыххæй йæхæдæг дæр уæззау цæфтæ бавзæрста,. уæддæр. Фæлæ йæ дзырд кæд цыфæнды ахадгæ уыд, авторитетыл æй нымадтой, уæддæр йæ бон ницы хуызы уыд вульгарон критикæ- йы иугуыр хъæрахст ныххуыдуг кæнын. Хатт та-иу йæхæдæг* дæр бар-æнæбары ахызт иуæй-иу принципон литературон-эсте- тикон фарстаты раппон критикæйы догматикон амындты ’рдæм. Цомахъ раст бафиппайдта йæ рæстæджы ирон литературон критикæйы сæйрагдæр миниуджытæ, «куы æнæхъуаджы стауы^ куы, æнæхъуаджы дзæхстытæгæнгæ, фауы», зæгъгæ. Фæлæ æ^- хæст раст нæ уыдзæн, уыдон ын иудадзыг йе ’вæлтæрды, «фъщ- цаг къахдзæфтæ» кæй кодта, уый аххос фæкæнын. Уымæн æмæ уæд ахæм уавæр уыд, канд ирон æмæ уый хуызæн æвзонг сове- тон адæмтьт литературæты нæ, фæлæ, æгæрыстæмæй, литерату- рон критикæ сæдæ æмæ фылдæргай азтæй пымад кæмæ цыд,, уыцы литературæты дæр. Цæвиттонæн нæ бон æрхæссын у уы- рыссаг литературæ. 'Ам раппон вульгарон критикæ " уыд тынг дзырдфæразон, кæд дзы революцион-демократон эстетикон хъуыдыйы градицитæ рагон æмæ хъомысджын уыдысты, уæд- дæр. Фæлæ ирон литературон критикæйæн нырма йæхи сæрма- гонд национ традицитæ кæй нæ уыд, уый, бæлвырд, дæрзæгдæр- кодта уавæр, гуымиры хуыз лæвæрдта, пролетарон фысджыты ’хсæнæй йæ къухмæ критикæйы хъуыддагæн фыссæн чи иста, ■уыдоны литературон-критикон амæлттæ. Сæ фылдæрæн нæ фаг кодта уыцы" хъуыддаджы иууыл хуымæтæгдæр зонындзинæдтæ, литературон уацмыс эстетикон хъуыды хæссæг, царды æцæгдзи- над æмæ рæстдзинад аив формæты æвдисæг кæй у, уыцы крите- 19
:римæ нырма хæрз дард лæууыдысты. Иуæй-иуты къухы та ли- тературон критикæ уыд æргом мастисыны хæцæ’нгарз. Ахæм критиктæй дыууынæм* азты кæрон — æртынæм азты раидиан—сæ ном уæлдай тынгдæр ныхъхъæр Галаты Стъепан æ’мæ Болайы-фыртæн. Уыдонæн сæ дæрæнгæнæн гуымыдза фæ- рæты ком кæд фылдæр классикон бынтæ æргæвдынмæ арæзт уыд, уæддæр-иу се ’мрæстæджы фысджытæм дæр æнæ карз балæбургæ нæ фесты. Фæрнионы тыххæй Стъепан ку& сæрмагондæй, куы æхсæн- мæхсæнты фыста цалдæр хатты, æмæ кæддæриддæр’ рæстдэи- над $æгъыны охыл нæ, фæлæ йæ дæрзæг, азымгæнæг ныхасæй ►бафхæрыны охыл. Иæ уац «О борьбе на два фронта в осет^н- ,ской литера’туре», зæгъгæ, уым ын æнæ исты бæрæг бындур йæ ныхмæ æрæвæрдта пационализм, шовинизм, кулакон идеологи. ’Ие сфæлдыстад æцæг цæмæйты хъуаг уыд, уыдон тыххæй та иу сыбыртт дæр не скодта. Хорзæй йæм цы уыд, уый зæгъын та йæ- хицæн хæсыл дæр нæ банымадта. Уæвгæ, уый дзы радомæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ Стъепаны критнкæ нæ фаелгъуыдта, аива- ды хорз æмæ æвзæр, фидауц æмæ æвидыц цы сты, уый, йæ бон нæ уыд фæлдисæг удгоймаджы уавæр раргом кæнын, уымæн йе ’ппæт вазыгджын ахастытæи саргъ кæнын.^ Æниу уыдæттæ кæнын йæ бон куы уыдаид, уæд йæ критикæ уыдаид аналитикон критикæ. Фæрнионы æмдзæвгæ «Пушкины цыртмæ», зæгъгæ, уымæй дæнцæн æрхаста ахæм рæнхъытæ: Лирæ — фæсвæдмæ. Æрчъитæ нын хуый!..» æмæ йæ уæлвæд бафиппайдта: «Насколько правильно агитиро- вать за лапти в эпоху социализма, в эпоху создапия большого большевистского искусства...» Æмæ дарддæр: «...это не взгляд партии... это антипартийный взгляд, взгляд троцкиста Фарнио- на». Ахæм дардмæ цæуæг -хатдЗæг скодта Фæриионы нанвон æмдзæвгæйы рæнхъытæй. Æмдзæвгæ æцæгæй цæуыл дзырдта, йæ рахæцæн ивгъуыды культурои бынтæм нигилистон зæпдæйы ахаст æвдисын кæй уыд, уый кой та кæнгæ дæр не скодта. Поэты азымы бадардта «есенинщинæйæ», хи бæстæ уарзы- нæй, национализмæй æмæ йæ, æппыифæстагмæ, банымадта бын- тондæр зианхæссæгыл: «Творчество Фарниона па 99 процентов антипролетарского содержания... по содержанию вредное»1. Цæмæн афтæ рауадаид æвзонг поэты хъуыддаг, кæцæй йæм хъуамæ æрцыдаиккой уыцы «нащюналистон», «шовинистон» мсь тивтæ? Ууыл дæр ахъуыды кодта критик æмæ бафиппайдта: «...вьГкрал у Хетагурова Къоста его националистические, шови- нистические мотивы. Перенял у него худшее, отрицательные сто- 1 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, 1932, 44., 184 ф. :20
„роны его творчества»1. Ома канд Фæрнион нæ, Хетæгкаты Къо- ■ста дæр уыд сахъатджын националистон, шовииистон мотивтæй, æмæ æрсидт, цæмæй «радихтæ кодтаиккой, Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад». Цы хуызы, уый æргом нæ дзырдта, фæлæ зын бамбарæн нæ уыд йæ иумæйаг ахастæй поэты сфæлдыстадмæ, иугæр æй «декадентон», «хаудзæрдæ поэт» рахуыдта, уæд.. Галаты Стъепаны критикæ нæ зыдта, нæ йæ æндæвта, лите- ратурон-критикон анализ цы у, уый, нæ. зыдта æмæ нæ иртæста рæстæджы хицæн хæйтты ’хсæн ницахæм æмуд бастдзинад. Иæ размæ чи уыд ирон литературон интеллигенцийæ, уыдон ын уы- дыст.ы иудадзыг революцийы иыхмæ архайджытæ, йæ алыварс кæй уыдта, уыдоныл та гуырысхо кодта революцийыл гадзраха- тæй- цæуынæй, афтæмæй сæ алкæй хъысмæт скъуыддзаг кæиын дæр цыма уымæ каст, афтæ æвдыста йæхи. Стъепанæй фæстæдæр нæ баззад Болайы-фырт дæр. Йæ «кри- тикæ» иттæг разæнгардæй райтынг кодта ХИПФА-йы оргæн -«Большевикон аивад»-ы. Уым сæрысуангæй уыд редколлегийы уæнг æмæ активондæр автор. Болайы-фырты критикæйы æппæт сахъæттæ дæр цахст хуызы ^евдыст æрцыдысты йæ егъаууац — пролетарон литературæйы «Æцæгæлон идёологийы ныхмæ»2. Уым ирон фысджыты, стæм- тæй фæстæмæ, хистæрæй кæстæрмæ банымадта знагиуæггæн- джытыл, буржуазонтыл, меныпевикон идеологи хæсджытыл. Галаты Стъепан æмæ Болайы-фырты уацты тыххæй ис алы- хуызон ныхасгæнæн, æрмæст сыл нæй литературон критикæйы барæнтæй дзурæн. Уцдон сты нæ критикон лнтературæйы вуль- гарон-социологизмы иууыл гуылмыздæр, иууыл гуымыдзадæр дæнцæгтæ. Хъыг уый у, æмæ сæм сæ рæстæджы хъусйард кæй цыд æмæ бирæ знаггад кæй ракодтой. Рæстæг йæ кары куыд цыди, царды хъуыдыйæ мидисджын- дæр куыд кодта, афтæ сæ лæджы кары цыдысты ног литерату- рон фæлтæртæ дæр. Цардæн йæ сæртæй сæ къух цæуыл фæ- :хæст, уыдонæй кæд райдианы амæлттæ ,кодтой, уæддæр дард ’балцы фаг нæ уыдысты, æмæ сæ чи куыд курдиатджындæр уыд, афтæ йæ алыварсмæ каст лæмбынæгдæр æмæ уым цы уыдта, уымæн йæхимидæг аналцз арæзта, пролетарон литературон ло- зунгтæй цыд дарддæр, агуырдта уæрæхдæр фæидæгтæ йе сфæл- дыстадæн, улæсрыд арфдæр йæ заманы царды æцæгдзинады уæлдæфæй. Уымæн æвдисæн у ахæм фысджыты сфæлдыстад, куыд Хъуылаты Созырыхъо, Беджызаты Чермен, Фæрниаты Къоста. Цымыдисон сты Фæрниаты Къостайы сагъæстæ йæ рæстæ- джы ирон поэзи æмæ хицæн поэтты сфæлдыстадон куысты тых- 1 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, 1932, 4 т., 192 ф. 2 «Большевикон аивад», 1932, № 6, 2 ф. 21
хæй, кæд номхуындæй никæй кой ракодта, уæддæр: «Фото цы у> Иæ фыссæг дæр æмæ нæ хъайтар дæр сты адæймæгтæ, æд уд, адæймæгтæ, æмæ хъуамæ нæ фыссæг фотойæ хуыздæр æвдиса йæ хъайтарьг. Литературæ у^енгтæм куы нæ хъара, зæрдæ куы нæ змæлын кæна, уæд цæйаг у, цæмæн бæззы?.. Алы куыст дæр хъæуы бинопыг, æмæ биноныг куыст та зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, аивады æнцонæй ницæмæн ис ыссарæн... Нæй нæм бирæ æцæг поэттæ, фæлæ рифмæтæ чи æмбырд кæны, ахæмтæ — би- •рæ. Рифмæтæ æмбырдгæнæг йæ мидбынат дугъ кæндзæн цал- дæр азы, стæй куы бафæллайа, уæд йæ мидбынат йæхи æруадз- дзæн,-æмæ фæуыдзæн йæ поэтикон куыст»1. (Бахахх æй кодтон æз—Æ. X.). Фæрнионмæ ацы хъуыдытæ цыдысты, зæгъæн ис, раппон’ло- зунг — «Показ живого человека»-йы æмбарынады, бæлвырддæр та, уыцы лозунг А .Фадеевы уацты цы позитивон, материалистон хъуыды æвдыста, уымæй. Уыцы уацты удæгас адæймаг æвдисы- ны фарст æвæрд цыд конкретон рæстæджы конкретон уавæрти- мæ бастæй: «Наша постановка вопроса сводилась к тому, что мы находимся еще на такой низкой художественной ступени, ^что не научились показывать людей во плоти и крови, показыва- ем их схематически. А нужно показывать их так, чтобы читатель верил в то, что такие люди действительно существуют»2. Фæлæ ма йæм Фæрнион цыд, комкоммæ йæ алфамблай цы литерату- рон цард уыдта, цы ирон поэтты уацмыстæ каст, уыдонæйдæр. 1931 аз, поэт ацы хъуыдытæ цы аз ныффыста, уыцы аз, æвзонг ирон поэттæ дзæвгарæй -^ авдæй рауагътой сæ фыццаг æмдзæв- гæты æмбырдгæндтæ. Ноджы бирæ автортæ тынг активонæй мыхуыр кодтой сæ уацмыстæ журналтæ æмæ газетты. Фæрнио- ны ныхæстæ цæвиттонæн уый тыххæй æрхастон, æмæ уыцы хъуыдытæ уæд характерон систы йæ рæстæгæн æмæмæфæлтæ- рæн дæр, кæд се ’ппæтæн нæ, уæддæр се ’хсæн позитивондæр хъуыдыгæнджытæн. Фæрнион та критикæйы къабазы йæ экстре- мистон ахастимæ уыд йæ фæлтæры тæккæ курдиатджындæр’тæй, æмæ сæ хатыд, хъуыды сыл кодта, йæ зæрдæмæ сæ иста. Уæлдæр иумæйагæй цы ирон фысджыты кой ракодтон, уы- донæй хæрз стæмтæй фæстæмæ нырма уыцы миниуæгæй’ хай- джын ничи уыд. Æппæты хуыздæр æмæ фылдæр сæ бон цы уыд^ уый — иумæйаг циндзйнад æвдисын, науæд та иппæрд катæйттæ æмæ сагъæстыл хъынцъым кæнын, конкретон — нæ. Ахæм рæстæджы хорз зондамонæг хистæры ныхас бирæ лыг- гæнæг у. Уый*хъуамæ агуырдтаид æмæ нысан кодтаид фæлтæр- ты ’хсæн иуæй иннæмæ хизæг традици, кæм æй ардтаид, уым йæ фарс хæцыдаид, кæм æй нæ ардтаид, уым та йæ домгæ кодТаид. Поэтикон ногдзинæдтæ дæр куыд уыдтаид, куыд сын хынцтаид сæ перслективæтæ æмæ сæ уыцы фæндагыл куыд цырын кодтайд,, 1 «Фидиуæг», 1931, №№ 10—11- 2 А. Фадеев. За тридцать лет, 1957, с4 14, 22
щæмæй цард йе ’ппæт вазыгджын диалектикон ныхмæдзыдтæй æмыдзаг мидисимæ фæндаг ардтаид сæ уацмыстæм, афтæ. Номхуындæй ахæм хæс уыд, æвзонг поэтты фыццаг чингуы- тæп разныхæстæ чи фыста, уыдоныл.. Уыцы мисси та иннæтæй арæхдæр йæхимæ иста æмæ зондамонæджы хæс æххæст кодта Дзагуырты Губади. Даргъ фыст, политикон афæлгæсæджы уа- гыл комментаритæ кæнын уыд Губадийы разныхæсты иумæйаг миниуæг. Фæлæ конкретон æгъдауæй чиныджы цы уацмыстæ ис, у.ыдоны тыххæй бæлвырд ныхас зæгъын, сæ хъæнтæ æмæ сын се ’нтыстытæ -банысан кæнын, æвзонг автор цæмæй йæ дарддæ- ры фæндаг хуыздæр равзæрстаид æмæ йыл æнæкъуылымпыдæ- рæй ацыдаид, ууыл къаддæр сагъæс кодта. Æрыгои поэт Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæты фыццаг æм- бырдгонд «Тохмæ»-йæн Дзагуырты Губади цы разныхас ныф- фыста, уый чиныджы бацахста фондз æмæ дыууиссæдз фарсы. 'Фæныхас кодта йæ заманы политикон царды фарстатыл, аивад æмæ литературæйы тыххæй æндæр æмæ æндæр зынгæ адæймæг- ты цæстæнгæстыл. Æрхæццæ реконструкцийы дугмæ, цы у про- летарон фыссæг æмæ цы у зæхкусæгон фыссæг, уый тыххæй дæр фæдзырдта. Уый фæстæ рахызт аивадон литературæмæ. Уым ссардта уырыссаг шовипизм æмæ. националистон фæдыздæхты- тæ. Националистон фæдыздæхт банымадта ирон фысджыты ■сфæлдыстадон миниуæгыл. Фæдзырдта ивгъуыды культурон бынты тыххæй дæр: «Кæд Хетæгкаты Къоста зæхкусджыты ’хсæи тынг кадджын у, уæддæр йæ фыстытæ ныры рæстæгæн се ’ппæт нæ бæззынц; зæгъæм, Къоста уыди динджын, æмæ ахæм ахаст йæ фыстыты дæр ис. Къостамæ национализмы низ дæр хæццæ кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æрдыгæй Хетæгка- ты Къоста ныры рæстæгæн нæ бæззы»1. Сæ зондамонæджы ’рдыгæй ахæм аргъгæнæг ныхæстæм хъус- гæйæ æвзонг, æвæлтæрд поэттæ иртæстысты сæ национ культу- рон хæзнатæй, иппæрд кодтой, аив дзырдæй кæуыл хъуамæ .ахуыр кодтаиккой, цæвиттон кæмæй истаиккой, уыцы поэттæ- ахуыргæнджытæй. Губадийы разныхас нæ уыд æмуддзипад тауæг, йе ’мрæстæ- .джы цы фысджытæ цард, уыдоны астæу дæр: «Хъуамæ ирон фыс- джыты ’хсæн æрцæуа кълассон дихдзинад»2,— афтæ домдта йæ уацы. Цы загъта чиныджы авторы тыххæй та? «Геор тох кæны зæ- ронд æгъдæутты ныхмæ. Геор тох кæны ног æгъдæутты сæрыл. Геор æххæст кæны культурон революцийы хæстæ. Геор сиды иог цардмæ... Уæгъд у; нæ зæронд интеллигенцийы низæй... иа- ционалист нæу...»3. Йе ’мдзæвгæты тыххæй та: «Бакæсут сæ уæхæдæг, фæсмон 1 «Тохмæ», 1931, 28 ф. 3 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым. 23
нæ фæкæндзыстут»1. Чиныгæн критикон аргъ скæньш нæ, фæлæ чнныгкæсджытæн сæхи æбæлвырд адæнкъарæнмæ сидын, сæхи йевджид сын æй бакæнын — критикы æбæрн æмæ æдыхы нысан. Ахæм ныхæстæй æвзонг пролетарон поэт хъуамæ фервæс- сыдаид йæхиуыл, йе уæхсчы сæрты акастаид классиктæм, йæхи- цæй хистæр поэттæм æмæ сын фидистæ дæр кодтаид: «Ма рæй дзæгъæлы Мигъмæ куыдзау... Алы бон ма кал Былтыл дæ сæт... Амард Есенин,— Батар уыл дуг...»2 Хуытъинаты Цыппуйы æмдзæвгæты .фыццаг æмбырдгонд «Сидт»-ы разныхас фысгæйæ- дæр Губадийæн, æмдзæвгæтæ ца- вæр аивадон мидис хастой, цавæр дæсныйад сæ æвдыста æвзонг пролетарон поэт, уый-рафæлгъауын сæйраг нæ уыд, фæлæ загъ- та: «Цыппуйы æмдзæвгæтæ сæ хъуыдытæм гæсгæ сты, нæ рæс- тæг цы агуры, ахæмтæ. Октябры тыххæй ныффыста æхсæз æмдзæвгæйы»3. Сæйраг — бæрц. Уæлдæр куы загътам, раппон пропагандист- тæ сфæлдыстадон куысты сæйраг хъуыддагыл нымадтой про- дуктивондзинад. Тынгдæр та дзы раппæлыд уымæн, æмæ, дам: «Ныртæккæ Цыппумæ ниЦы низ ис... нæдæр бынæттон национа- лизм»4. Уæлдай тынгдæр та фæцыд йæ зæрдæмæ æвзонг поэты æмдзæвгæты формæ: «...йæ формæ дæр у хицæн, йæ формæ дæр сиды, размæ кæны кæсæджы, здахы йæ социализм аразыны ’рдæм... Цыппу цы формæты фыссы, уый у нæ литературæйы ми- дæг ног»5. Цавæр хъуыды æвзæрын кодтой Дзагуырты Губадийы раз- ныхæстæ, стæй æппæт суинаг авторты куыст йæхæдæг’ дæр, лите- ратурæйы хъуыддæгты авторитет чи уыд, уыдонмæ та? Цомахъ лæмбынæг йæ’ хъус дардта йæ рæстæджы æвзонг ирои поэтты сфæлдыстадмæ, аудыдта сыл, æххуыс сын кодта, йæ фадат цыуыд, уымæй,Ууыл дзурæг у, Фæрнион Хъамбердиа- ты Мысосты мысгæйæ цы уац фыста, уый дæр: «Зиу»-æй рацы- дыстæм: Нигер, Мысост æмæ æз. Рауагътам .«Уадындз». «Уа- дындз»-æн раздзырд ничи фыста. Хыл уыдысты немæ «зиууæт- 1 Тохмæ, 1931,28 ф. 2 Уый дæр уым, 130 ф. 3 «Сидт», 1931, 11 ф. 4 Уый дæр уым, 15 ф. 5 Уый дæр уым, 16 ф. 24
тæ». Раздзырд ныффыста Цомахъ»1. Зиууæттæ йæм фæхæрам уыдзысты, уымæй нæ фæтарст Цомахъ æмæ нæ ’бавгъау кодта сфæлдыстадон фæндагыл йæ кæстæртæн фæндараст зæгъын. Зиууæтты хæрам та цы нысан кодта, йæ къæдзилыл цы дуртæ -баст уыд, уый æнæзынд нæ уыд Цомахъæн йæхицæн дæр. Фæлæ Цомахъ уыд домаг, дзырд поэзийыл, аивадыл кæм цыд, уым хатыр никæмæн кодта,.хистæр-кæстæры сæрыл нæ дих ’кодта, аивады раз фыссæгыл цы’ бæрн уыд, уый. Цомахъ нæ уыд, пролетарон литературæйы сæркалтæ бирæ фыссын кæй, домдтой, уый ныхмæ, фæлæ домдта, пролетлитературæ дæр аив нывтæй æххæст кæй хъуамæ уа, уый. Иæ архивы хицæн гæххæт- ты гæбазыл йæхинæн пъланы нывыл, цы фарстатæ ранывæста, уымæй зыны, Цомахъ кæй хъавыд ирон æвзонг пролетарон ли- тературæйы тыххæй уац ныффыссынмæ, фæлæ йын нæ .бантыст пæ фæндон сæххæст кæнын. Æвæццæгæн, сæрмагондæй æрныхас кæнинаг уыд Хъайтыхъ- ты Геор æмæ Хуытъинаты Цыппуйы æмдзæвгæты æмбырдгæнд- тæ «Тохмæ» абмæ «Сидт»-ыл. Уымæн æвдисæн, ноджы æндæр сыфыл ацы чингуыты кой кæй к*æны, критикæ æмæбиблиографи, зæгъгæ, ахæм сæры бын, уый. Уыцы ран банысан кодта, Дзагуырты Губади æвзонг автор- тæй æнæхъуаджы кæй феппæлыд йæ разныхæсты,—«похвала не вмеру»2, зæгъгæ. Раст бафиппайдта Георы æмдзæвгæты сæйраг хъæндзинад: «Расплывчатость. Нет определенного’ содержания. Нет экономии слов. Нет определенного настроения. Стихи тре- буют работы. Нужно работать над стихотворением не в сторону растекания, а в глубину»3. Стæм даырдтæ, фæлæ æххæстæй æргом кодтой æвзонг поэты сфæлдысгады аиппытæ æмæ хъуагдзинæдтæ. Дзагуырты Губади фондз æмæ дыууиссæдз фарсыл сæ кой дæр кæмæн н« скодта; уыдон Цомахъ цалдæр дзырды руаджы бафиппайдта раст. Уый. уыд Цомахъ-критикы арæхстдзинадыл дзурæг. Цымыдисон сты, Хуытъинаты Цыппуйы чиныджы фæрстыл цы фиппаинæгтæ скодта, уыдон дæр. Чиныг ис Цомахъы архи- вы. Кæд хицæн фиппаинæгтæ сты, уæддæр æргом кæнынц Цып- пуйы æмдзæвгæты ахъаззагдæр хъуагдзинæдтæ. Хуытъинаты Цыппу æрыгон куыд уыд, афтæ йæ хъæлæс дæр лæвæрдта æрыгон фæлтæрæн. Характерон ын уыд цардæн æр- мæстдæр йæ рухс фарс уынын. 20—30-æм азты æмткæй ирон поэзийæн йæ сæйраг миниуæг чи уыд,— кондадон процесстææв- дисын, — Цыппу дæр йе ’мдзæвгæтæ фыста уыдоныл иумæйаг хуызтæй. Уыимæ пайда кодта, модæйы чи уыд, уыцы цъæлтæ рæнхъытæй, кæнæ та дзырдты кæрæдзийы бынты фысгæ ама- лæй. Ацы фысты хъæд Цыппу дæр иннæтау иста механикон 1 «Большевикон аивад», 1931, 24 декабрь. 2 ЦИЗИИ-йы архив, 58 хъуыд., 16 фонд, 29 ф. 3 Уый дæр уым. 25
æгъдауæй Лефы иуУыл галиуондæр теоретикты амындтæ æмæ практикон архайдæй. Уыдон ивгъуыды монон культурæмæ рап- понтау нигилистон цæстæй кæсгæйæ, æрмæстдæр материалон æнтыстытæй сомбоны ныфс æвæргæйæ, тох кодтой утилитарон, «кондадоы» аивады сæрыл. Уымæ гæсгæ раразмæ кодтой «фак- ты литературæ»-йы теори. Уыцы теори нæ иста фыссæгæн йæхи фантази, психологи иртасын, литературæ, зæгъгæ, хъуамæ æвди- са, материалон цы у, пайда цы у, уый." Фæлæ Лефы теорийы эстетикон принциптæ кæд мæскуыйаг поэттæн сæ уырнындзинад уыдысты, уæд махмæ’та уыдон æвзонг поэтты иу хай фылдæр- иста фæзмгæйæ, национ поэзийы æрдзыхъæдимæ сын æмуд иу- дзинад нæ аразгæйæ, уымæ гæсгæ сæ алы лæмæгъдзинæдтæ,, æнæхъола митæ тынгдæр æфтыдысты цæсты. Цомахъ — революцион демократты эстетикон хъуыдытыя хъомылгонд адæймаг, лæмбынæг йæ хъус дардта, уырыссаг пё- риодикон мыхуыр æмæ хицæн чингуыты дæр алыхуызон, фæ- дыздæхтытыл чи цыд, уыцы поэтты формалистон уацмыстæм,, æмæ нæ уыд семæ разы. Уыдоны хуызы уый уыдта, æцæг поэ- зийы цæсгом зыгъуыммæ чи æвдыста, тар æй чи кодта, ахæм адæймæгты. Быптоидæр не сразы уыдонимæ ирон поэзийы. Цыппуйы æмдзæвгæ «Сырх тырыса»-йы Губади афтæ кæмæй: загъта — уæлдай тыхджындæр фыст у, зæгъгæ, уым газетон уац- хъуыды нывыл нымад цæуынц, адæм куыд тыхстæй цардысты, стæй хæст куыд райдыдта, хицауад куыд байстой, уый фæстæ: «Ленииы фæндагыл ацыдыстæм дард», «Нæ цард нын хъахъ- хъæны Сырх æфсад» æмæ а. д. Фæлæ чиныгкæсæг ницы базоны, цавæр хæст райдыдта, цавæр хицауад байстой, куыд ацыдысты Леиины фæндагыл дард... Цомахъ æмдзæвгæйы фарсмæ фæны- сан кодта: «Примитивон хъуыдытæ. Цавæрдæр хæст цыди». Йæ бынмæ та (бафыста: «Амæй лæмæгъдæр стихгонд нæй, афтæмæй йæ Дзагуырты Губади та хоны тыхджындæр фыст»1. Губади Цыппуйы æмдзæвгæйы фиппайдта хорздзинæдтæ, ра- хуыдта йæ нæ литературæйы мидæг ног. Уыцы ногдзинад уыд- та, æрмæстдæр æмдзæвгæйы рæнхъытæ пырх кæнæ цæджындза- мад кæй уыдысты, уый мидæг, ома, æддаг фæлысты. Цомахъ уыимæ не сразы: «Уый ног формæ у? Хуымæтæджы тоникон стих адих кæн хицæн дзырдтыл æмæ алы дзырд хицæн рæнхъыл иыммыхуыр кæн, уый ног формæ нæу»2. Æмæ дæнцæн æрхаста Къостайы «Сидзæргæс»-ы фыццаг строфа, алы дзырд дæр хи- цæн рæнхъыл равдыста, афтæмæй. Уымæй йæ уый зæгъын фæи1 дыд, ома, æмдзæвгæйæн нæй хуымæтæджы, æнæ исты хъуьь дыйæ цъæлтæгæнæн. Ногдзинады фæдыл Губадийы фиппаинаг йæ зæрдыл дар- гæйæ Цомахъ дарддæр каст Цыппуйы æмдзæвгæтæ: æмдзæвгæ «Ныхас Ворошиловмæ»-йы кæрон бафыста: «Алы дзырдæн хи- 1 ЦИЗИИ-йы архив, 88 хъуыд., 27—28 фф. 2 Уый дæр уым, 25 ф. 26
цæн рæнхъ, уый дын ног формæ»1. «Ног фæрмæ?», зæгъгæ, фæр- сæд’жы хуызы ахæм дзырдтæ бафыста чиныджы 56, 57, 58 фæр- ’стыл дæр.. Æмдзæвгæ: «Майы зарæг»-æй рафыста иу строфа: Уалдзæджы хъæлдзæгæй, Зæрдæ, ды рай. Тар бонтæ Ивгæйæ Ралæууыд май. Æмæ уый тыххæй дæр загъта: «...оригиналоиæй дзы ницы ис»2. Уæлдайдæр та, æвæццæгæн, уымæн, æмæ йæ зæрдыл дард- та Гулуты Андырийы зындгонд æмдзæвгæ: «Даргъ зымæг ив- гæйæ, //Хъазгæ, æрттивгæйæ, //ралæууыд бон». Хуымæтæджы, хус ныхæстæй конд æмдзæвгæ «Уацхæсджы- тæн»-ы дзæгъæл-æнæхъуаджы дзырдтæ асаста æмæ сæ кæрæ- дзийы бынмæ бафыста мæнæ афтæ: ~ ^ Нæ алы къахдзæф дæр — æмзæрдæ, У махæн уацхæссæг нæ ном. ч Цомахъ ацы æмдзæвгæйы тыххæй тынг мæстыйæ бафарста: «Цæмæн сæ фыссынц хицæн рæнхъытыл? Маймулийы хъуыд- дæгтæ!»3 Цомахъ ногдзинады ныхмæ никуы уыд, кæцыфæнды хъуыд- даджы дæр. Уымæн æвдисæн—йæ литературон-критикон уац- тæ, уымæнч æвдисæн—йæхи аивадон сфæлдыстад, æлвæст клас- сикон æмдзæвгæты фарсмæ нырыккон сыгъдæг ирон верлибрыл дæр кæм æмбæлæм. Фæлæ куы федта, æвзонг поэт æрмæст фор- малон хуызы æвдисы ногдзинад, æрмæстдæр дзаумæттæ, фæ- зындтæ, факттæ уæ’лæнгай нысан кæнынæй дарддæр йе ’мдзæв- гæ не ’вдисы фæлгъауæг аизадон фæлгонцы хъомыс, уæд цæх- гæр хуызы равдысты, разы кæй нæ у, уый. Цыппу, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæкурдиат нæ уыд, у’ый бæ- рæг у, йæ иуæй-иу æмдзæвгæты, æрдзы нывтæ æмæ адæймаджы мидсагъæстæ, реалон царды ха’бæртты æцæгдзинад равдисынмæ кæм бавнæлдта, уыцы бынæттæй. Фæлæ-иу æвзонг поэт уыдо- нæй цыма тæрсгæ фæкодта, уыйау лидзæг фæци, уымæн .æмæ йæ поэтикон хъуыдыкæнынад цы стереотипмæ гæсгæ арæзт уыд, уый йын уый бар нæ лæвæрдта, æмæ Цыппуйы æмдзæвгæтæн сæ бон нæ уыд ирои поэзимæ ногдзинад, оригиналондзинад хæс- 1 ЦИЗИИ-йы архив, 88 хъуыд., 31 ф. 2 Уый дæр уым, 42 ф. 3 Уый дæр уым, 124 ф. 27
сын, Губади ку.ыд «фыста, афтæ, уымæн æм,æ нæ, гуырыдысты рё- волюцион заманы «арф æмæ æмбаргæ хъуыдыйæ». Цомахъ домдта, цæмæй æвзонг поэттæ цардимæ æмдзу код- таиккой йæ уæлæнгай бæрджытæ ’вдисынæй нæ, фæлæ йе ’рфы- ты ныфсджынæй цæугæйæ. Абон дæр актуалон хуызы зæлынц. йæ куырыхон дзырдтæ: «Цардæн йæ разæй цæуыныл хъарут уæ- хи, цард’ агуры тохы зарæг, нæуæг, иумæйаг цардыл тохы за- рæг»1. Ома уацмысы сæйраг хъуамæ уа, зæгъын дæ цы фæнды^. уый — мидис, Цомахъ æй хоны: «Цардыл тохы зарæг». Царды сæрыл тохы зарæг та сур ныхæстæй нæ вæййы, Цыппу куыд фы- ста йе ’мдзæвгæйы: Хъайтар — мæ куыст! Хъайтар — мæ фæнд! Хъайтар.— мæ конд! Нæртон, Нæртон... Цомахъы зæрдæйæн адджын нæ уыдысты ахæм хиппæлой ныхæстæ, æмæ сыл уымæн бафыста: «Бæрц нæ зоны, анахро- низм...»2 Хъус æрдаринаг у ам дзырд «анахронизм». Уый хауы строфæйы фæстаг дьгууæ рæнхъмæ æмæ æвдисы Цомахъы хъуы- дыйы здæхт: фæстæмæ нæ, ног цардыл нæртон таурæгъты æвза- гæй зарынмæ, фæлæ размæ, ног цардыл йæхи æвзагæй зарынмæ, иоэтикон фæлгонцтæ зæрдæйы бынæй куыд цыдаиккой, цард æмæ адæймаджы уды рæстдзинад дæр сæ мидæг æндыгъдæй куыд’хастаиккой, афтæ. ’ Цомахъ Цыппуйы æмдзæвгæтæн, сæйраджыдæр, сæ дæс- ныйадон миниуджытыл кæй æрлæууыд, уый уый тыххæй, æмæ пролетарон поэттæ, куыд ма загътон, афтæмæй сфæлдыста^он куыстмæ кастысты, куыд дæсныйад, куыд курдиаты миниуæг, афтæ нæ, фæлæ куыд цахæмдæр кондадон процесс, цехы куыст, афтæ, цыма алы кондады хъазуатонæн дæр, иугæр фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ æвдисын йæ бон уыд, уæд гæнæн ис, æмæ уы- даид «раззагон» литературæйы дæр. Сидгæ дæр сæм уымæн код- той литературæмæ. Цомахъ, ай-гъайдæр, уый нымадта рæдыд хъуыддагыл æмæ амыдта, цæмæй æвзонг ’фыссæг сфæлдыстадон куысты размæ рацæуа, уый тыххæй йæ кæй хъæуы йæ дæсны- йадыл хид калгæйæ кусын,—«пролетарон литературæ хъуамæ аивадæй хъуаг ма уа»3. Хъыгаг хабар æрмæстдæр уый у, æмæ Цомахъæн афтæ цъус, хæрз цъус рæстæг кæй зад йæ алы куыстытæй литерату’рон кри- тикæйæн. Ноджы хъыгагдæр, та уый уыд, æмæ. кæд хицæн скъуыддзæгтæ, хицæн дзырдтæ уыдысты, уæддæр йæ раст æмæ ахсджиаг фиппаипæгтимæ чиныгкæсджытæн зонгæ кæныны фа- дат нæ уыд. Уæлдай стырдæр ахъаз фæуыдаиккой уыдон æвзонг автрртæн. 1 «Хурзæрин», 1927, ,17 июнь. 2 ЦИЗИИ-йы архив, 16 фонд, 88 хъуыд., 121 ф. 3 Уый дæр уым, 58 хъуыд., 26 ф. > 28
Æнгом ^бацыд Цомахъы хъуыдытæм Нигер дæр, æмдзæв- гæйы 1формæаразæг миниуджытæ æмæ дæсныйады^ фарстатыл’ кæм дзуры,уым. Губади афтæ кæй загъта, зæгъгæ, Цыппуйы æмдзæвгæйы формæ нæ литературæйы ног у, уый Нигер рахуыдта рæдыд- æмæ загъта :«Кæд зæрдæйæ зæгъы Губади ацы ныхæстæ, уæд- ме ’рдыгонау тынг хорз не ’мбары аив литературæйы формæтæ»1, Нигер, Цыппу пырх цы ’мдзæвгæтæ кодта, уыдоны дзырдтæ фæд-фæдыл куы равæрдта, уæд рабæрæг, классикон поэзийы зындгопд формæтæй, фылдæр та Хетæгкаты Къостайы æмдзæв- гæамадæй фыст кæй сты, уый. Æрмæст се ’хсæн уыцы хицæн- дзинад фиппайдта, æмæ «Къостайы æмдзæвгæ поэзийæ æмæн- хъызт кæны, риуы хизы, зæрдæйы лыстæг уидæгтыл нæртон фæндырдзæгъдæгау æрхъазы, лæг йæ ахæсты фæвæййы»2,фæлæ4 уый зæгъын йæ бон нæ уыд Цыппуйы æмдзæвгæтæй. Дарддæр йæ хъуыды балхынцъ кодта. афтæ: «...классикон формæйæ дарддæр нæ ацыди Цыппу, кæд дзы искуы классикон формæтæй дарддæр исты фæзыны, уæд уый вæййы классикон формæты хæлд хуыз. Хæлд хуыз та сæ уымæн хонын, æмæ Цып- пу нæуæг пролетарон аив литературæйы формæтæ нæ, фаелæ" классикоы формæтæ дæр æххæстæй пæма базыдта»3. Афтæмæй Нигер/кæд йæ кой номхуындæй не скодта, уæддæр йæ зæрдыл дардта .аивады сæйрагдæр фарстатæй иу,— традици æмæ ког-- дзинады æмахаст поэтикон сфæлдыстады. Ома ногдзинад кæм- дæр иппæрдæй нæ цæры, фæлæ æвзæры æмæ рæз хæссы, йæ раз-- мæ цы уыд, уымæй, уый хъæбысæй, йæхæдæг йæхи рады ногæу- уæлтæй традици аразгæ; нæй ногдзинад æнæ традици, традици- тæ æнæ арф бамбаргæ. Ахæм карз критикæйы фæстæ Нигер растыл нæ нымайы но- джы Губадийы а^æм хъуыды, цыма, дам, Цыппу йе ’мдзæвгæтьг рæнхъытæ пырх кæй кæны, уымæй «Маяковскийы аив бавнæлд- тытæм хæстæг лæууы»4, уый критик хоны Маяковскийы æмдзæв- гæты формæйы хуымæтæджы имитаци, Маяковскимæ, зæгъы,. формæ æмдзæвгæйы мидисæй гуыры, æмдзæвгæйæн у йæ органи- кон хай, Цьшпумæ та—нæ. Нигер фыста: «Иуæй-иу дзырдтæ1 хицæн рæнхъытыл кæй фыссы, уый нæу Маяковскийæн йæ фор- мæты сæйраг хъуыддаг. Маяковскийы формæтæн сæ апп уый’ у, æмæ дзы ритмикон хъæлæсдзæф (ударение) ивд цæуы логикон’ хъæлæсдзæфæй». Æмæ дарддæр: «Нæ, Маяковскийы Формæтæ^ ахæм не сты, Маяковскийы техникæ æндæр техникæ у, Цыппуйы: формæтæ æмæ техникæнмæ сын иу ран æвæрæн нæй»5. 1 Альманах «Абон», 1932, №'1, 130 ф. 2 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым, 131 ф. 4 Уый дæр уым. 5 Уый дæр уым, 132 ф. .<2У
Губади Георы тыххæй фыста, зæгъгæ, æвзонг йоэт куы ахуыр жæна, йæхиуыл куы бакуба, уæд литературæйы бæрзæндтæм схиздзæн. Фæлæ Губади нæ загъта, куыд æй бакусын хъæуы, куыд æмæ цæуылты хъуамæ ахуыр кæна, цæмæй аив литерату- рæйы бæрзæндтæм схиза. Иæ комкоммæ хæс та, кæстæртæн зонд амонæджы ролы, уыд уый. Губади кæд пролетарон поэзийы раппон теоретиктæй нæ уыд, уæддæр æмхиц уыди, уыдон-иу сыгъдæг пролетарон, дис- -тилляцигонд поэттæ хъомыл кæныныл цы методтæй архайдтой, уыдонæй пайда кæнынмæ. Уыцы методтæ та æнцой кодтой кæм- дæриддæр æмæ кæддæриддæр аивадон уацмысы æрмæст кълас- сои-социалон ахаст агурыныл, аивадон литературæ социологийы пассивон иллюстрацийы хуызы æмбарыныл. Вульгарон-социо- лргон дæр уый тыххæй хуынди уыцы метод. Гъе уымæн-иу здæхт сæ критикæ политикон азымтæм, идео- логон рæдыдтытæ агурынмæ. «Ныртæккæ Цыппумæ ницы низ ис», зæгъгæ, уымæн æрæвæрдта ахæм диагноз Губади дæр Цып- пуйæн, йе ’мдзæвгæты аивдзинæдтæ бацамоныны, цавæр кур- диатæй æрцыдысты æххæст, уый рафæлгъауыны бæсты. Уымæн кодтой афтæ арæх «кълассон тохы» кой дæр, уымæн уыдтой аи- вады хуызы, сæйраджыдæр, кълассон хæцæнгарз, йæ эстетикон тых Ъ1н рохуаты уадзгæйæ. Нигер дæр, литературæ кълассон кæй у, уый фæдыл Губа- ,диимæ полемикæ куы кодта, уæд ъш райста йæхи хæцæнгарз, афтæмæй уый дæр æнæпхъæлæджы уыцы фæндагыл фæраст. ^Уый уыд Нигерыл бæрæг рæстæджы вульгарон социологизмы æндæвдады фæстиуæг. Губади йæ разныхасы загъта: «Цыппумæ нæй æнкъарддзи- над...» Нигер ’бацагуырдта Цыппумæ «æнкъард» æмдзæвгæтæ жмæ йæм ссардта. Дæнцæгæн æрхаста дыууæ æмдзæвгæйы: «Зымæгон зарæг» æмæ «Фæззæджы къæсæрыл». Цыппу йæ къорд æндæр бæрæгбонон, былалгъæй фыст хъæл- дзæг æмдзæвгæты хъауджы адоны бацархайдта йæ зæрдæбын „æнкъарæнтæ равдисыныл, æмæ сæ рауадис аив лирикон уацмьь стæ, хохаг æрдз, хæххон хъæубæсты цард фæззæджы къæсæрыл æмæ зымæджы бонты æнæуæлдай карз ахорæнтæй, зæрдæйыл æмбæлынц сæ фæлмæн лиризмæй, æрыхъал дзы кæнынц уæздан .æнкъарæнтæ. Уыцы хъуыддаджы уæлдай хуыздæрæн банысан кæнинаг у «Зымæгон зарæг». Ноджы йæ аив, зæрдæмæхъаргæ кæны, цы цыппар дæстæгон хорейæ фыст у, уый. Хæххон даргъ æмæ æн- къард зымæгæй фæлмæцыд уд бæллы уалдзæджы æрцыдмæ: Ралæуу, ралæуу, цæй, нæ уалдзæг, Хур нæ батава дзæбæх; Цъчу нын ракæна йæ зарæг, Царды хос та радта зæхх... Нигер ацы æмдзæвгæты социалон хъуыды агургæйæ фыста: -жДыууæ æмдзæвгæ дæр фыст сты 1928 азы. Кæсæг йæхæдæг $0
ахъуыды кæнæд, кæддæра ацы æмдзæвгæты, социалистон арæз-- тад æмæ «культурон революцийæн» цы феххуыс уа, ахæмæй ис- ты ссарид». Æмæ дарддæр: «Кæд автор социалон «зымæг» æм^е’ «фæззæджы» кой кæны 1928 азы, уæд у, Октябры рсволюцийы дæс азы дæргъы арæзтытæ чи нæ федта, кæй нæ уырныдтой, сæ- фынæй сын чи тæрсы, ахæм. Кæд æмæ Хуытъинайы-фырт метеорологон, астрономон «зы- м-æг» æмæ «фæззæджы» кой кæны, уæд та у ахæм/ социалист’он арæзтадмæ йæ хъус чи нæ дары, дуджы тохæй дард чи у, цар- ды фæйлауæнтæ кæмæ нæ хæццæ кæнынц, æрмæст йæхи зæр- дæйы чи цæры. Куыдфæнды ма уæд, уæддæр Дзагуырты Губадийæн йæ* бон нæу, æмæ ма сразы уа, ацы æмдзæвгæты æнкъарддзинады йедтæмæ зæрдæ тохмæ, социализм аразынмæ кæнæ культуро^г революцимæ цы бацырен кæна, ахæмæй кæй ницы ис, ууыл»1. Банысан кæныны аккаг у, ацы дыууæ æмдзæвгæйы Цыппуйы уацмысты ног рауагъдмæ кæй нæ бахаудысты, уый дæр2. Æвæц- цæгæн, чиныгаразæг Нигеры критикои фиппаинæгтæ йæ зæрдæ- мæ бахаста æмæ сæ уымæ гæсгæ иал саккаг кодта погæй мы- хуыры рауадзынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Нигер ам пролетарон аивады тео- ретикы позицитæй цы домындзинæдтæ æвæрдта Цыппуйы разг уыдон æххæстгæнæг нæ уыд йæхæдæг дæр йæхи аивадои сфæл- дыстады. Æвзонг пролетарон поэтæй цы хъæлдзæг æмдзæвгæтæ^ домдта, уыдонæн никуы уыд бынат йæхи сфæлдыстады дæр. Уы- мæн æмæ, йæ<курдиаты миниуæгмæ гæсгæ, Нигер, цардæн æр- мæст йæ уæлцъармæ чи каст æмæ йын афтæмæй чи аргъ кодта^. уыдонæй нæ уыд. Фæлæ ахæм критикæ цы æнæраст фæндагыл цыд, уый,йæ- хион кодта, æмæ, Цыппуйæн йе ’цæг хъæндзинад цæй мидæг уыд, уый нæ амыдта, уымæй. йæ нæ хызта, фæлæ йæ ноджы цы- рендæр кодта уæлæнгай плакатон циндзинад æвдисæг æмдзæв- гæтæ фыссынмæ, æмæ сæ уый дæр фыста. Хуыздæр кæцы уыд, критикæ уый æвзарæг куы уыдаид, уæд нæ уырны, кæй бандæв- таид йæ рæстæджы Цыппуйыл, æвзонг, зæрдæргъæвд поэтыл,. æмæ кæй сфæлдыстаид æцæг поэзийæ æххæст, зæрдæм^æхъарæг уацмыстæ. Æмдзæвгæйы техникæ æмæ аивадон дæсныйады тыххæй уæд’ канд зынгæ фысджытæ — Цомахъ æмæ Нигер нæ хъуыды код- той æмæ нæ дзырдтой. Уыцы фарстатæ сæ зæрдæмæ хастой æмæ критикон хъуыды æвзæрын кодтой æрыгон литературон фæси- вæдæн сæхимæ дæр. Уымæн æвдисæн у æвзонг журналист Миц- цуйы (Дзуццаты Митушайы) уац «Большевикон аивад»-ы,'-^ «Хъороты Хъазбеджы тыххæй критикон уац». Æрыгон пролетарон æрсидтон поэт Хъороты Хъазыбег лите- 1 Альманах «Абон», 1932, № 1, 130 ф. 2 Хуытъинаты Цыппу, Сидт, «Ир», 1983. ЗтВ
ратурæйы йæ тыхтæ фæлвæрдта, куыд кусæг йоэт, афтæ. Иæхæ- дæ’г дæр кусæг лæппу уыд. Тынг разæнгардæй йæ уд хъардта, пролетарон поэзийы тыххæй æмбырдты цы хъуыста, мыхуыры цы каст, уыдон йе ’мдзæвгæты æххæст кæныныл. Миццу уый растыл нæ нымадта æмæ фыста: «Нæ ног рæзæг фысджытæй би- рæтæй рох кæнынц аивадон литературæйы домæнтæ, бирæ ку- сын иæ зонынц саё уацмыстыл... Ахæмтæй иу у Хъороты Хъазы- бег дæр. Нæй йæ уацмысты поэзи. Иæ фыстытæй, зæрдæ риуы кæ^æй базмæла, ахæм иу дæр нæй»1. Цæвиттон æрхаста Хъа- зьгбеджы кондадон æмдзæвгæтæй ахæм рæнхъытæ: Мрамор, туф æмæ æндæртæ, иугай нымайæн сын нæй. Ыоджы ма бирæ цыдæртæ рæзы нæм æйтты куыстæй. Æмæ загъта: «Никæцы уацмысы ис нырма ахæм æнæхъуа- джы æнæпайда ныхæстæ: «туф æмæ æндæртæ», «бирæ цыдæр- тæ». Цы пайда у ахæм уæлдай ныхæстæй уацмыс нытътъанг кæнын? Науæд цæмæн хъуыд уый рæнхъгай нытътъанг кæнын, цы :пайда у ацы гæххæтт нæйы дуджы æмдзæвгæ афтæ ныппырх кæ- нын? Кæсгæ дæр æй лæг чердæм, цы хъæлæсы уагæй бакæна, уый бæрæг нæй... Уацмысыл бонæй фылдæр рæстæг нæ хардз кæнæм... Хъоройы-фырт сæ нымæц хъуыды кæны йæ уацмыстæн, ^фæлæ сæ апп куыд у, уый нæ хъуыды кæны. Хъоройы-фырт ;куыд æвæры фарст пролетарон поэзийы раз,— иу дзæхст, дык- .каг æмæ æмдзæвгæ,— афтæ æнцон райсæн куы уаид пролетарон фыссæджы ном, уæд афонмæ Советон Цæдис иууыл поэттæ, фысджытæ суыдаиккой, уымæн æмæ фæсивæдæй уыцырдæм би- рæ здæхы»1. ’ ’ Банысангонд рæстæджы раппон догматикон теоритæ æмæ лролетарон литературæйы гегемонизм бæрæг бæрцæй зындысты .литературон фæсивæды зондамонæг, зынгæ ирон критик Тыбыл- ты Алыксандрыл дæр, кæд цардвæлтæрд уыд, классикон лите- ратурæйы эстетикон скъола бакаст, уæддæр. Уыдон <æм зынын .Æайдыдтой дыууынæм азты кæрон æмæ фæтынгдæр сты æрты- ,нæм азты райдиан. Алыксандр. уыцы рæстæджы аивадон уацмысы иудадзыг лæр агуры кълассон апп, номхуындæй, уый у йæ нысанчкуыд кри- тик-интерпретатор, аф’тæ. 1931 азы Хъуылаты Созырыхъойы уацмысты дыууæтомоны* разныхасы сæйраджыдæр йæ хъус æрдардта: «...куыд цыдис алы 1 «Большевикон аивад», 1932, № 2, 4 ф. 32
хуызы кълассон тох революцийы агъоммæ хæххон хъæуы, куыд ралæстис Октябры фæрцы уыцы хъæу йæ зæронд хъузгæй æмæ куыд аразы коллективон цард»1. Хицæн радзырдтыл дзургæйæ дæр йæ ныхасы сæр у, уыдон цас къЛассон сты, уый. «Аивдæр равдыста Хъуылаты Созыры- хъо кълассой тохы æууæлтæ зæронд ирон хъæуы йæ таурæгъ «Номыл ус»-ы. Æмæ дарддæр: «Кæд йæ нывтæ æмæ йе ’мбисæнд- тæ Хъуылаты Созырыхъо исы хъæууон цардæй, уæддæр уыцы цардмæ кæсы революцион пролетариаты цæстæй. Нæ пролета- рон литературæ куыд рæзы, уый тынгдæр зыны Хъуылаты Созы- рыхъойы куыстыл: «Бæрæг-бæрæг нæ уыдысты йæ фыццаг къахдзæфтæ, хæццæ йæм кодта романтнзмы тæваг, фæлæ куыд фæстагмæ пыллæууыд кълассон хаххыл, революцион реализ- мыл»2. Чи зоны, исчи афтæ зæгъа, зæгъгæ, Алыксандр «кълассон- дзинад», «пролетарондзинадæй» йæ ныхасы. пайда кæны, куыд уацмысы социалон мидис æвдисæг терминтæ, .æмæ сын ницы ис иумæйагæй пролеткультон литературон критикæйы методимæ. О, Алыксандр пæ уыд раппон критикæйы сæрхъуызойтæй, уы- дои догмæтæ нæ уыдысты йæ критикон уацты сæйраг бæрæггæ- нæн æууæл, æмæ дзырд ууыл нæу. Дзырд у, уыдонæрдыгæй йыл цы æндæвдад уыд бæрæг рæстæджы, ууыл. Уый та зыны канд йæ уæды хицæн уацты иуэдæйаг здæхтæй нæ. фæлæ конкретон критикон формулæтæй дæр: «...пролетарон литературæ хъæуы нролетариаты æрмæстдæр кълассон хотыхæн»3. Нæдæр фылдæр, нæдæр къаддæр — «æрмæстдæр кълассон хотыхæн». (Бахахх сæ кодтон æз,— Æ. X.). Литературæм.æ цы аивдзинæдтæ ис, цы эстетикон удуæздан- гæнæг хъомыс æм ис, уый нæ хъæуы пролетариаты. Уымæн æмæ, зæгъгæ, дролетариат у тохгæнæг, тохы быдыры та музæтæ хъуыддагмæ ницы бар дарынц. Кæд Алыксандры раппон хъуыдытæн ирон пролетарон фыс- джытæ æмæ классикон бынтæм уыди эпизодон æгъдау, уæд ын уыдон Тæдиаты Цомахъы сфæлдыстадмæ та уыдысты иудадзы- гон. Зын уыд Алыксандрæн Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадон вазыгджын дуне кæронмæ раст райхалын. Уымæн уыдцсйæхи аххосæгтæ. Стыр аргъ ын кодта, куыд дзыллæйы лæг, æхсæнадон ар- хайæг, афтæ, хуыдта йæ «хуыздæртæй иу». Бæрзонд бынаты йын æвæрдта ирон литературæйы историйы йе сфæлдыстад дæр, уæлдайдæр та йæ уацау «Фыдæлты намыс»: «Уыцы таурæгъæй ирон пролетарон литературæ асины къахыл уæлдæр ысхызтис»4. Фæлæ йæ поэзийы иуæй-иу мотивтæ, тынгдæр та, революцийы 1 Хъуылаты Созырыхъо, Уацмыстæ, 1 т., 7 ф. ’2 Уый дæр уым, 8 ф. 3 Уый дæр уым, 9 ф. * «Фндиуæг», 1931, ^Ч? 9—10. .3 Заказ № 69 ;зз
агъоммæ кæй ныффыста, уыдон æмæ йæ драмæтæ, фыццаджы- фыццаг та «Ос-Бæгъатыр», Алыксандры зæрдæмæ тынг нæ цы- дысты. 1929 азы драмæ «Ос-Бæгъатыр»-ы тыххæй цæхгæр кри- тикон уац ныммыхуыр кодта журнал «Фидиуæджы»1. Цомахъы амæлæты фæдыл — 1931 азы Алыксандр цы дыу- уæ уацы ’ныммыхуыр кодта «Большевикон аивад» æмæ «Фиди- уæджы»2, уыдон мидæг фæфæлмæндæр йæ раздæры карз поле- микæ, æмæ уый æмбæрстгонд дæр у, фæлæ сæ уæддæр иумæйа- гæй бынат ссардтой, раздæр æм цы хъуыдытæ уыд, уыдои,, уæлдайдæр та, «Фидиуæджы» чи.рацыд, уыцы уацы. Алыксандр Цомахъмæ лæгæй-лæгмæ дзæбæх цæстæй кæй каст, стыр аргъ ын кæй кодта, уый бæлвырд у, æмæ йæм фауæн цы хаста, уый хæрамы хуызы нæ хъæуы æмбарын, уый уыд йæ сыгъдæг зæрдæйы хъуыды. Уымæн æвдисæн —йæхи ныхæстæ: «Ирыстоны пролетарон дзыллæйæ фæхъуыдис стыр æхсæны лæг — амардис Гæдиаты Цомахъ, йæ цæргæ-цæрæнбонты кусæг къласы хъуыддаджы тыххæй йæ сæр чи хаста нывондæн... Амар- ди прслетарон фыссæг, йæ цæргæ-цæрæнбонты революцийы фæндагыл чи кодта Ирыстоны фæллойгæнджыты... Амарди’ хорззæрдæ адæймаг, йæ хæлардзинадæн кæрон кæмæн нæ уы- ди»3. Ахæм бæрзонд аргъ ын кодта, куыд «æхсæны лæг» æмæ «пролетарон фыссæг», афтæ. Ноджы фыста: «Цомахъæн йаё по- литикон æмæ литературон куыст кæрæдзиимæ æнгом баст уы- дысты, фæхицæнгæнæн сын нæй»4. Фæлæ уый фæстæ мах кæсæм, ацы ныхæсты ныхмæ æвæрд чи у, ахæм хъуыдытæ: «Сыбыры цы зарджытæ ныффыста Цо- ’махъ, уыдонмæ >æнкъард хъуыдытæ бахауд, гуырысхо фæ- вæййы»5. Æнкъард, сагъæс, гуырысхо—ацы дзырдтæн пролета- рон фыссæджы дзырдуаты бынат нæ уыд, æмæ сæ уымæ гæсгæ- Алыксандр дæр нæ иста. Йæ уыцы хъуыды дарддæргæнгæйæ ноджы бафиппайдта: «Зындзинæдтæй тыхсгæйæ, йæ фыдыбæстæ мысгæйæ Цомахъæн йæ зæрдæ уæддæр æппæты разæй риссы æфхæрд адæмы митæй:- Мысын нæ хæхтæ, Мысын нæ хъæутæ,— Рагæй фæлтæрд, Рагæй æвадат... Адæм фыдвадат, Адæм æфхæрд». Фæлæ пролетарон поэзийы нормативты нæ уыд бынат рай- 1 «Фидиуæг», 1929, № 5, «Цомахъы «Ос-Бæгъатырх 2 «Хуыздæртæй — иу». Большевикон аивад», 1931, 12 ноябрь; «Амардю Цомахъ», «Фидиуæг», 1931, №№ 9—10. 3 Уый дæр «Фидиуæджы» бацамынд номыры, 9 ф. 4 Уый дæр уым, 10 ф. 6 Уый дæр уым, П ф. 34
гуырæн хæхты мысынæн, хъæуты мысынæн, фыдвадат, æфхæрд .адæм мысынæн дæр, нымайы сæ политикон цæстæнгасæй’фауд- дзагыл: «Куыд зыны, афтæмæй, Октябры революцийы агъоммæ цы уацмыстæ ныффыста Цомахъ, уыдон хъæстæ сты лыстæгбур- жуазон революционеры зондæй, хъæстæ сты националон роман- тизмы тæвагæй. Цомахъ дзуры эсерты æвзагæй: сиды «адæм- мæ», дзуры «дзыллæйы» номæй. Уый уыцы дуджы не ’взары, адæм фæлтæргай кæй сты, сæ интерестæ алырдæм кæй хæцынц. Цомахъ уæлдай уарзт кæны йæ райгуырæн бæстæ, алыхуызон рæсугъд дидинджытæй, йæ фæлындзы»1. ^Уыцы хъуыды фæлхат цæуы йæ уац «Хуыздæртæй иу»-ы дæр: «Национ романтизм æмæ «адæмонты» зонды тæваг хæццæ кодта Цомахъмæ». Уыцы заман Алыксандр ахæм позицитæй къух бакæнæн ард- та Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадмæ дæр, фæлæ сыл 30-æм .азты æмбис йæ къух систа. Уæдæ, æвæццæгæн, уыцы фарсты фæдыл Цомахъы тыххæй цы хъуыды кодта, уый дæр аивтаид, уымæн æмæ фауд цæмæй цыдысты, уый иумæйаг уыд Къоста æмæ Цомахъæн. 1929 азы «Фидиуæджы» драмæ «Ос-Бæгъатыр»-ы тыххæй Ллыксандр æмæ Цомахъæн цы полемикæ уыд, уый фæстæ Алык- •сандр уæззаудæр, тадзгæ-баргæдæр дзырдта йæ критикон хъуы- ды, фæлæ уæддæр дзыллæты сæрибардзинады фæдыл пролета- рон фысджытæм цы цæстæнгас уыд, уый сæрты ахизын йæ бон нæ уыди. Ома сæрибардзинадæн ссарæн ис æрмæстдæр кълас- сон тохы руаджы кусæг адæмы фæтæг пролетариаты сæргълæу- дæй, уымæй размæ цы тохтæ уыд фæллойгæнæг дзыллæ ссæри- бар кæныны фæдыл, уыдон нæ уыдысты пролетарон, сæрибар- хæссæг, æмæ уымæ гæсгæ пролетарон фыссæг хъуамæ фыс^а æрмæстдæр пролетариа’ты тохыл, йæ кълассон знæгты ныхмæ. Уый мидæ’г уыд Алыксандры хъуыдыйы лæмæгъдзинад æмæ рæ- дыд дæр, историон æмæ нырыккон цы у, уыцы проблемæ æвзар- гæйæ. Алыксандр дæнцæн æрхаста Цомахъы ныхæстæ: «Бафар: стон мæхи, цымæ искуы ирон адæмы æфхæрдтæ бавзæрстой сæ уаргъ аппарын сæрибары фæдыл? Акастæн фæстæмæ æмæ загъ- тон: уый æрцыдис XIII æмæ XIV сæдæазты ’хсæн, Хуссар Ир, æлдары фыдæфхæрд адæм куы сыстадысты, куы фæсырдтой се "’лдæртты... куы базмæлыдысты Гуырдзыйы æлдарады адæм сæ- хуыдтæг дæр... æмæ æрхъуыды кодтон фыссын «Ос-Бæгъатыр»2. Афтæ уыд драмæйы æрхъуыды, афтæ уыдысты Цомахъы тырнындзинæдтæ историон æрмæгæй нырыккон заманы, рево- люцион заманы революцион позицитæй спайда кæныны хъуыд- даджы, историон-психологон рæстдзинады сæрты нæ ахизгæйæ, мсторизм нæ зыгъуыммæ кæнгæйæ. Йæ уæлвæд Алыксандр хæссы йæ тæрхон: «Цæвиттон, Цо- 1 «Фидиуæг», 1931, №№ 9—10, 12 ф. 3 Уый дæр уым, 13 ф. 35
махъ хъуамæ фенын кодтаид йæ драмæйы фыдæлтыккон кълас- сон тох, фæлæ историон сюжет зын уыди кълассон хъуыдыйæ схъацæн кæнын, æмæ фыссæджы фæндон æххæстæй нæ рауа- ди»1. Пролетлитературон клишетæм гæсгæ фыст нæ рауад дра- мæйы сæйраг архайэег Ос-Бæгъатыр—Гæбайы фæлгонц дæр?— уый уыцы иу цахъ-иу ^растæй нæ ацыд кæрæй-кæронмæ, фæлдой- гæнæг адæмы интерестыл иузæрдионæй нæ баззад. Æмæ уый- адыл фиппайы Алыксандр: «Бæрæгæй нæ равдыста Цомахъ йæ драмæйы сæйраг хъуыды. Нæй иу хуыз æмæ иу ахаст рæбинаг хъайтарæн — Ос-Бæгъатырæн. Цомахъы нæ фæндыд, фæлæ уæддæр «Ос-Бæгъатыр»-мæ баирвæзти националон романтизмы уддзæф»2. Алыксандр пæ бахынцта, Ос-Бæгъатырæн йæ трагёди номхуындæй уый мидæг кæй уыд, нæ бахынцта, Цомахъ-нывгæ- нæг йæ хъайтары удыхъæд йе ’ппæт вазыгджын диалектикоц ныхмæвæрддзинæдтимæ кæй равдыста, уый иу хуыз, иу ахастыл кæй нæ баззад Кæрæй-кæронмæ. Алыксандр разы уыд, уацмыс аивадон æгъдауæй бæрзонд æвæрд кæй у, ууыл, фæлæ йын фауддзагыл нымайы йæ хъуыды: «Стыр дæсны фыст ныккодта Цомахъ йæ «Ос-Бæгъатыр». Æвæ- джиау курдиат дзы равдыста фыссæг, фæлæ йын уæддæр й^е мæнг хъуыды кайы йæ аивдзинадæй, уымæн æмæ, Плехановы загъдау, мæнг хъуыды куы вæййы аивадон уацмысы, уæд ын йæ апп афтæ схæццæ кæны, æмæ йæ эстетикон аргъ дæр асæтты»3- Алыксандр бахахх кодта^ Цомахъ нæ литературæйы цсто- рийы фарстатæ æвзарыны хъуыддаджы цы зьшгæ куыст бакад- та, уый дæр: «Мамсыраты Темырболаты фыццаг хатт ирон со- ветон дзыллæйæн Цомахъ базонын кодта.,. Цомахъ фыста Гæ- диаты Секъд æмæ Хетæгкаты Къостайыл. Брытъиаты Елбызды- хъойы литературон куыст Цомахъы хуызæн .бæстон ничи рав- зæрста»4.4Фæлæ бафиппайдта: «Æцæг, Цомахъ нæ раиртæста Елбыздыхъойы меньшевикон хъуыдытæ «Дыууæ хойы» æмæ уæлдайдæр «Амраны», фæлæ уый канд Цомахъы рæдыд нæ- уыд»5. Ам æвдисæн стæм, Алыксандр канд Цомахъы нæ, фæлæ Ел- быздыхъойы сфæлдыстады идейон мидисмæ дæр ныхмæдзыд кæй уыд. Фæлæ уымæн йæ аххосаг бæрæг у. Бафæлварæм йæ равзарын. Мах зонæм, Алыксаидр стыр аргъ кæй кодта Брытъиаты Ел- быздыхъойы сфæлдыстадæн. Уæлдай тынгдæр та ахадыдтой йæ* цæсты драмæ «Дыууæ хойы» æмæ трагеди «Амран». Мæнæ, гъе, æмткæй Елбыздыхъойы сфæлдыстады тыххæй 1925 азы цы фыс- 1 Уый дæр «Фидиуæджы» амынд номыры, 13 ф. 2 Уый дæр уым.4 3 Уый дæр уым. • 4 Уый дæр уым, 15 ф. ъ Уый дæр уым. 36
та< уый: «Но и того> что он сделал, доетаточно, чтобы огненны- ми буквами вписать его имя в историю пробуждающейся осетин- ской общественкости рядом с именем первенца осетинской музы, с именем Коста Хетагурова»1. Мæнæ уый та сæрмагондæй «Дыууæ хойы» тыххæй: «Патри- архальному быту и суровому адату Бритаев нанес в драме «Две сестры» сокрушительный удар»2. «Амран»-ы тыххæй та: «Амран» — лебединая песня Бритае- ва. В нем его талант достиг полной зрелости и развернулся во всю поэтпческую силу»3. Алыксандр уыддн фыста дыууыпæм азты фыццаг æмбис, ирон литературæйы нырма пролеткульты тæваг куы нæ уыд, уæд. Фæлæ дыууьщæм азты кæрон — æртынæм азты райдиан пролетарон фысджытæ гегемони сæ къухмæ куы райстой, клас- сикон бынтæ историйы науæй æддæмæ рæцугъын куы байдыд- той, зæронд фысджыты алыхуызон азымты хай куы кодтой, уæд бар-æнæбары бахъуыд хистæр фæлтæры фысджыты дæр пролетарон фысджыты командæйы бын сæ раздæры цæстæнгæ- стæм коррективæтæ хæссыны сæр, кæд сæ разы нæ уыдысты, уæддæр. Уыцы уавæрты Алыксандры уацты дæр фæзынд ныхмæдзыд хъуыдытæ. Уымæ гæсгæ дызæрдыг кæнын нæ хъæуы, Алыксандр афтæ куы фыста, «...фæлэе уый канд Цомахъы рæдыд нæ уыд», уæд уыцы фæрæдийджытыл йæхи дæр кæй нымадта. Нæ бон у бацамонын бæлвырддæр хъуыддæгтæ дæр, афтæ кæй загъта, зæгъгæ, «Æцæг, Цомахъ нæ раиртæста Елбызды- хъойы меньшевикон хъуыдытæ», уымæн йæ уидаг кæцæй цæуы, уын фæдыл. Фæскавказы лролетарон фысджыты ассоциацийы оргæн жур- нал «На рубеже Востока»-йы 1930 азы фыццæгæм номыры Хъуы- латы Созырыхъойæн цы уац рацыд,— «Современная художест- венная литература Осетии», зæгъгæ, уый Ирыстоны пролетарон фысджыты ’хсæн сæвзæрын кодта быцæу ныхæстæ. Уыйадыл ХИПФА-йы активондæр кусæг Болайы-фырт нæ бацауæрста Со- зырыхъойы ныхмæ гуымиры критикон уац ныффыссын æмæ йæ «Ббльшевикон аивад»-ы мыхуыры рауадзыныл. УаЦы авторы зæрдæмæ н^е фæцыд, Созырыхъо классикон бынтæм кардæлвæстæй к’æй нæ балæбурдта æмæ сæ «бынтон кæй не скуынæг кодта, уый. Уыцы хæс йæхимæ райста Болайы-фырт æмæ сыл æгъатырæй алæгæрста. Тыбылты Алыксандр 1925 азы Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстады фæдыл уæлдæр ракойгонд уацы «Дыууæ хойы» тыххæй цы раст ныхæстæ загъта, уыдон Болайы-фырт иннæр- дæм афæлдæхта æмæ фыста: «...уыцы темæ (сылгоймагæи сæ- 1 Известия СОНИИ, 1925, т. 1, 48 ф. 2 Уый дæр уым, 51 ф* 8 ^ый дæр уым, 53 ф.' 37
рибар раттын,— Æ. X.) автор Брытъиайы-фырт куыд райхæлд- та, уый Тыбылы-фырт дæр нæ бамбæрста... Сылгоймаг сæрибар райсдзæн æрмæстдæр уæд, æмæ куы æрлæууа пролетарон рево- люцийы фæндагыл, кълассон хæсты æфсæдты рæнхъы. Æрмæст- дæр, гъе уым, кълассон хæсты арты æртайдзысты æмæ фесæф- дзысты, сылгоймагæн хъадаман чи у, у,ыцы фыдæлон æгъдæут- тæ, æрмæст кълассон хæстыл баст уæвгæйæ ис сылгоймаджы сæрибары темæйæн æцæг равдисыны фадат. «Дыууæ хойы» ав- тор уый нæ сæххæст кодта: кълассон хæст æмæ сылгоймаджы активондзинад фæсвæд аззадысты авторæй. Кълассон хæсты, ре’волюцион хæсты бынаты автор æвæры меньшевикон идеа- лизм. (Бахахх æй кодтон æз,—Æ. X.). Культурон, эволюцион фæндагæй ивы уый революцийы фæндаг. Уый нæдæр Тыбылы-фырт рабæлвырд кодта йæ критикæйы, нæдæр æй рабæлвырд кодта йæ «ученык» Хъуылайы-фырт. Адон куыд зæгъынц, афтæмæй «Дыууæ хойы» сæйраг герой кæд мард фæци, уæддæр «райста идейон уæлахиздзинад», мах та афтæ зæгъæм: уый мард уымæи фæци, æмæ фæндаг не ссардта сæриг бардзинадмæ, меньшевикон идеализм йæ уæлæ хæлуарæджы тынау стыхст... «Дыууæ хойы» æцæгæлон идеологи" хæссæг сты»1. Гъе ардыгæй æвзæргæ у йæ уидаг Алыксандры фиппаинагæн Елбыздыхъойы «меньшевизмы» фæдыл. Ахæм хуызы аргъ кодтой пролетарон фысджытæ «Амран»-æн дæр: «Елбыздыхъо йæ герой Бесæйы иуæрдыгæй æрæвæрдта, систа йæ адæмы сæрмæ, адæмæн сæхи та — иннæрдыгæй: адæ- мы талынг æрдонг æмæ геройтæ. Мах афтæ не ’мбарæм цард, уый мах идеологи нæу»2. «Ахæм уацмыстæ алы буржуазон фыс- сæг дæр ныффысдзæн»3. Ахæм зианхæссæг хъуыдытæ хъуысти пролётарон фысджыты трибунтæй нæ клаюсикон литературæйы хуыздæр . уацмысты тыххæй, кастысты сæ мыхуыры, лæвæрдæуыд сын официалон нысаниуæг, уымæн ;æмæ гегемони уыди сæ пара^атгæнджыты къухы. Уымæ гæсгæ нæм тынг диссаг ма хъуамæ фæкæса, Тыбылты Алыксандры уацты ^дæр ахæм хъуыдытæ кæй фæзынд, уый. Алыксандрæн дæр нæ уыд йæ бон йæ уавæры сæрты ахизын. Æмткæй цъус нæ фыстой уыцы рæстæджы критикон уацтæ, рецензитæ, фæлæ сæ фылдæр хай иппæрд уыдысты сæ комком- мæ хæсæй. Фæстæдæр советон фысджыты æппæтцæдисон съез- ды трибунæйæ уыцы азты критикæйы тыххæй иттæг раст дзырд- та Максим Горький: «Критика, особенно газетная, наиболее чи- таемая писателями,— критика наша не талаытлива, схоластична п малограмотпа по отношению к текущей действительности... Не 1 «Большевикон аивад», 1931, 20 октябрь. ’ 2 Хъуылаты С. «Фидиуæг», 1930, №№ 11—12, 82 ф. 3 Уый дæр уым. 38
имея, не выработав единой руководящей критико-философской идеи, пользуясь все одними и теми же цитатами из Маркса, Ле- нина, критика почти никогда не исходит-в оценке тем, характе- ров и взаимоотношений людей из фактов, которое дает непо- средственное ыаблюдение над бурным ходом жизни... Из всех чужих мыслей, которыми пользуются критики, они, видимо, со- вершенно забыли ценнейшую мысль Энгёльса: «Наше учение— не догма, а руководство к действию». Критика недостаточпо действенна, гибка, жива, и, наконец, критика не может научить автора писать просто, ярко, экономно, ибо сам он пишет много- словно, тускло и — что еще хуже — или равнодушно, или же слишком горячо, если он связан с автором личными симпатия- ми, а также интересами групки людей, заболевших «вождиз- мом», прилипчивой болезнью мещанства»1. Ацы хъæндзинæдтæ Се ’ппæт дæр характерон уыдысты уæ- ды ирон литературон критикæйæн, стæй сæ уымæй фæстæмæ дæр бирæ рæстæджыты æнцонæй нæ фервæзт, нæдæр с^ бынтон ссыгъдæг. Уыцы хъæндзинæдтæ зын куынæггæнæн, «æв- дудонтæ» кæй сты, уымæн æвдисæн — литературон-аивадон кри- тикæйы фæдыл нæ партийы ЦК-йы 1972 азы 25 февралы уынаф- фæ. Уым литературæйы къордтæ кæныны хъуыддаг куынæг куы æрцыд, уымæй цыппор азы фæстæдæр загъд и: «До сих пор е критике проявляются примеренческое отношение к идейному и художественному браку, субъективизму, приятельские и группо- вые пристрастия»2 (Бахахх æй кодтон æз,—Æ. X.). * * * Æртынæм азты райдиан советон литературæйы боны фæткæй РАПП æмæ йæ дæлхæйттæ ист кæй æрцыдысты, фысджытæ æм- бар, æмсæр кæй систы закъоны бындурыл, уый хорзырдæм бан- дæвта литературон критикæйы хъуыддæгтыл дæр. Кæрон æр- цыд иутырдыгæй (кæстæрты) иннæтыл (хистæртыл) æрго- мæй командæ кæнынæн, литературон-сфæлдыстадон фарстатæ иудадзыг административон æгъдауæй лыг кæнынæн, литерату- рæйы мидæг сектантондзинадæн, кæрæдзийыл не ’ууæндынæн. Фæлæ Уынаффæйы фæстæ дæр, куыд ма загътон, афтæ алцы æваст йæ гаччы не сбадт. Кæд æмæ РАПП ист æрцыд боны фæт- кæй, куыд литературæмæ «къордон къуындæгдзинад хæссæг», афтæ, сæхæлдтой йыи йæ гæрæнтæ, уæддæр сын æхсæнадон цардмæ, литературæмæ цы вульгарон-социологон ахаст уыд, уый сæ фылдæрæн баззад йæхимæ. Фысджытæн иу Цæдис арæзт кæй æрцыд, уымæй не скодтой æмхуызон æмæ æмбæлон хатдзæгтæ æмæ та-иу рæстæгæй-рæстæгмæ ранхъæвзæн кодта: «Афтæ чи хъуыды кæны, æмæ фысджытæн æмæ аивадон кус- 1 М. Горький. О литературе, 1955, с. 750. 2 «Вопросы литературы», 1970, с. 4. 39
джытæн арæзт æрцыдис æрмæст иу цæдис, аивадон фронты кълассон тох фæцис, Цæдисы мидæг фысджытæ иууылдæр æм- хуызон советон сты, афтæ чи хъуыды кæны, уый иттæг рæдийы... Уымæн æмæ Цæдисæн йæ мидæг цæуы, æнæмæнг, кълассон тох йæ алы хуызты, уымæн æмæ нæ бæсты нырма цæуы кълассон тох»1. Фæлæ пролетарон фысджытæ’ цæдисонтæ, æмбæлццонтæ æмæ лыстæгбуржуазонтæ кæй хуыдтой, уыдонæн ныр Партийы ЦК-йы уынаффæ уыд, æххæст.барджын фысджыты ном цæмæй хастаиккой, цæм;æй сыл м’ачиул командæ кодтаид, уыцы ныфс æмæ бартæ дæттæг. Ф|ысджытæи алчи дæр хицæнæй æмæ иууыл иумæ банкъард- той, бамбæрстой сæ бæрн • коллективы мидæг, ални дæр сæ дзуапп дæттæг кæй у, фæрсæг æй кæй ис æгас бирæнацион пад- дзахады æмæ дунейы мидæг дæр, цардæн йæхæдæг кæй у хи- цау: «Шестое чувство ответственности за все, что делается в стране, на всем земном шаре, чувство, которым революция на- делила человека, поевратилась в деятельную, творящую исто- рию силу»2. Уый бæрæгæй зыны, фысджщты иумæйаг æмбырд- ты тыххæй цы хыгъдтæ мыхуыр кодтой, уыдонæй, уый зыны хи- цæн фысджыты ныхæстæй. Иу коллективон æнкъарæнæн æххуыс уыдысты æфысмæрои литературæты минæвæрттимæ фембæлдтытæ. 1932 азы, фæззæ- джы, Хуссар Ирыстоны уыдис æфсымæрон гуырдзиаг . адæмы литературæйы’ дæсбоны. Гуырдзиаг фысджытæ федтой Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты æнтыстытæ ног цард аразыны хъуыддаджы. Дыууадæс фыссæгæй уыдысты Хуссар Иръгсто- ны фысджыты фыццаг съезды, газет «Большевикон аквад» уы- дон сфæлдыстадимæ базонгæ кодта Хуссар Ирыстоны фæллой- гæнджыты. Ирыстоны ма бæлцуаты уыдысты къорд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фыссæджы дæр—М. Горький, А. Серафимо- вич, А. Барбюс æмæ æнд. Ирон фысджытæ сæхæдæг дæр хъуыд- даджы æмæ сфæлдыстады балцыты æфтын ^байдыдтой æфсы- мæрон адæмтæм. Куыд иуæрдыгæй, афтæ иннæрдыгæй дæр уы- цы балцытæ æвæдæй нæ задысты фысджыты хъуыдыкæнынад æмæ сфæлдыстады дæр. Партийы ЦК-йы уæлдæр банысангонд Уынаффæйæ фæстæ- мæ советон фысджытæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой сæ иу- мæйаг съездмæ, советон литературæйы тырысахæссæг, фысджы- ты Цæдисы правленийы президиумы фыццаг сæрдар Максим Горький бæрзонд трибунæйæ кæм расидт: «Советская литерату- ра, при всем разнообразии ее талантов и непрерывно растущем количестве новых, даровитых писателей, должна быть организо- вана как единое коллективное целое, как мощное орудие социа: 1 «Большевикон аивад», 1933, 15 май. 2 Г. И. Ломидзе. Единство и многообразие советской литературы. В кн. «История советской многонациональной лнт.-ры>, т.1 2, книга 1, с. 36., 40
листической культуры. Союз писателей создается не для того, чтобы только физически объединить художников слова, но что- бы профессиоиальное объединение позволило им понять свою коллективную силу, определить с возможной ясностью разнооб- разие направлений ее творчества, ее целевые установки и гар- монически соединить все цели в том единстве, которое руково- дит всею трудотворческой энергйей страны»1. Ирыстоны ,фысджыты царды егъау нысаниуæг уыд, съезды М. Горький йæ доклады, стæй йæ раныхæсты цы хъуыдытæ загъта, уыдонæн, æмткæй съезды тæрхæттæн. Уым делегатæй уыд ирон фысджыты къорд æхсæз адæймагæй. Делегаци Иры- стонмæ куы сыздæхт, уæд Беджызаты Чермен съезды фæстиу- джытæ æмæ дарддæры хæсты тыххæй стыр доклад сарæзта Чъыребайы Культурæйы галуаньь Иугæр фысджыты иууон Цæдис арæзт куы ’рцыд," уæд се ’мдых куысты фæстиуджытæ тынгдæр зынын байдыдтой хъуыд- даджьг. Мыхуыры рацыдысты Беджызаты Чермены, Фæрнионы, Хъороты Хъазыбеджы, Плиты Харитоны, Нигайы, Зæгъойты Сардийы, Епхиты Тæтæрийы, Плиты Грисы æмæ æндæрты чин- гуытæ. Фæцырендæр ирон æвзагмæ ивыны хъуыддаг, ирон фыс- джыты уацмыстæ дæр тæлмацæй зынын байдыдтой æфсымæрон адæмты æвзæгтыл. Литературон-сфæлдыстадон оргаиизацитæ рацаразыны сæ- раппонд Партийы ЦК-йы уынаффæйæ цы дыууæ азы рацыд, уы- донæн фæстиуджытæ ’аразгæйæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар Беджызаты Чермен банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдис дзæвгар размæ ацыд, куыд организациоп æгъдауæй, афтæ сфæлдыстадон фæндагыл дæр, «дзæвгар сбæрзонд партиондзинад литературæйы»2. Фæлæ бафиппайдта цухдзииæдтæ дæр: «Чи зоны, иу стæмы йедтæмæ нæ бон иу уацмысæй дæр афтæ зæгъын нæу, зæгъгæ, у æххæст аргъджын, бæрзондг>æдджын, куьгд йæ аивадон арæз- тæй, афтæ иæ сюжеты райхæлды арфдзинадæй æмæ иннæ до- мæптæй дæр... Хицæн уацмыстæ дзæвгар хъацæнджын стьг æдзæлгъæды схематизмæй, штампæй, æвзаджы æнæхъоладзина- дæй, цух сты идейон арфдзинадæй»3. Ахæм карз критикон фиппаинæгтæн дыууæ азы размæ бы- нат -нæма уыди пролетарон фысджыты ’хсæн, уыдон чи загъ- таид, уый банымадтаиккой кълассон знагыл. Уæд литературон критикæ истой кълассон позицитæй æфхæрдмæ. Цымыдисаг у уый фæдыл «Большевикон аивады»-ы уа’цхæссæджы фиппаинаг Чъыребайы пролетарон фысджыты иу æмбыр- дæй: «Æмбырд загъта, зæгъгæ, афтæ чи дзуры, ног прочлетарон фысджытьг æвзаг не ’мбарæм, уыдон ^кæй’сты пролетарон лите- 1 М, Горький. О литературе, 1955, с. 752. 2 «Фидиуæг», 1934, №№ 3—4, 4 ф. 3 Уый дæр уым, 5 ф. 41
ратурæйы æмæ йæ рæзыны ныхмæ, ахæмтимæ амæй фæстæмæ карз тох кæй хъæуы. Литературон изæр зæгъы, куыд уыцы ны- хæстæ чи кæны, уыдонæн сæ зонд, сæ хъуыдыйы ахаст пролета- рон фысджытимæ нæу, æмæ уымæн не ’мбарынц пролетарон фысджыты æвзаг æмæ фыст»1. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам хъуыддаг æвзаг не ’мбарыны ми- дæг нæ уыд, пролетарон поэтты уацмыстæн сæ бирæ фылдæр хайы æмбаринаг кæй ницы уыди, «схематизм, штамп, æвзаджы æнæхъоладзинадæй хъацæнджын» кæй уыдысты, хъуыддаг уы- ди уый мидæг. Фæлæ уæддæр ивгъуыды литературон бынтæ æмæ ног фыс- джыты сфæлдыстадмæ ахасты Чермены цæстæнгæс дæр нæ уыд иууыл сыгъдæг йæ размæйы сахъатдзинæдтæй. «Хуссар Ирыс- тоны аивадон литературæ 15 азы дæргъы»2, зæгъгæ, уым Чермен куыд зæгъы, афтæмæй иугæр цард социалон-политикон æгъда- уæй йæ рæзты фæндагыл уæлдæр къæпхæнмæ схызт, фæхуыз- дæр фæллойгæнджыты уавæр, уæд уымæй аразгæ у йæ. фысджы- ты сфæлдыстады хорздзинад дæр, уый йын развæлгъау уæлдæр къæпхæнмæ æргъæвы йæ нывгæнджыты аивадон сфæлдыстад сæ индивидуалон-курдиатон миниуджытæм нæ кæсгæйæ. Рево- люцийы агъоммæйы литературæимæ бары, 15 азы дæргъы ирон советон литературæ куыд сырæзт, уый æмæ зæгъы: «Бирæ раз- мæ рацыд æмæ сбæрзонд бæрцæй дæр æмæ гъæдæй дæр нæ ли- ’тературæ. Раст зæгъын хъæуы, ацы хъуыддаджы йын æрбарæн дæр нæй революцийы агъоммæйы литературæимæ»3, гъæдæй дæр æмæ бæрцæй дæр дзæвгар раразмæ нæ литературæ ПФА- йы дуджы»4. Æмæ дарддæр фæлхат кодта ИПФА-йы уæнгты рæдыд хъуыдытæ ирон аив литературæйы тыххæй: «Советон хи- цауады сфидары хæд фæстæ, НЭП-ы дуджы цы литературæ фæ- зынд, уый иттæг хъацыд уыд лыстæгбуржуазон, националистон идеологийæ. Уыцы идеологи хъардта, куыд Цæгаты, афтæ Хус- сар Ирыстоны литературæмæ дæр»5. Бæлвырд, уыцы цæстæн- гас Черменæн уыд ивгъуыд рæстæджытæй рахизгæ, раппон р&- дыдтытæн критикон æгъдауæй аргъгонд кæй нæма æрцыд, уый фæстиуæг. Уыцы цæстæнгас ныхдур æвæрдта литературон кри- тикæйы раз аивадон литературæйы реалистон тенденцитæ ды- рен кæныны хъуыддаджы, кæрæдзийæ иппæрд кодта литерату- рæйы хицæн рæстæджытæ. Беджызаты Черменмæ уыцы цæстæн- гас уæддæр сæйраг æмæ иудадзыгон никуы уыди, агрессивон хуыз никуы æвдыста. Уыдис ахæм фысджытæ, сæ сæрыл тых- <джындæр чи-дзырдта. Фæла? уыдон хъауджы Чермены кой уы- мæн ракодтон, æмæ уый уыд фысджыты Цæдисы сæрдар æмæ 1 Большевикон аивад, 1931, 24 декабрь. 2 «Фидиуæг», 1935, №№ 5—6. 3 Уый дæр уым, 23 ф. 4 Уый дæр уым, 26 ф. 5 Уый дæр уым, 27 ф. 4'2
йæ ныхас, йæ хъуыдыйæн æхсæнады раз уыд фылдæр ахадын- дзинад. Æртынæм азты æмбис уацмысы идейон-аивадон хæрзхъæд- дзинад бæрæггæиæг критериты хуызы ирон литературон крити- кæйы фæзынд царды æцæгдзинад æвдисын, йæ типикон миниу- джытæ йын æрцахсын, ома, аивады социалистон метод’æй ар- ’хайын. Кæд нырма арф æмæ алывæрсыгæй нæ, кæд ньгрма дзырд фылдæр йе скойыл цыд, уæддæр ын фæлвæрдтой йе ’ууæлтæ бамбарын, раиртасын æмæ сæ практикон, литературон- критикон куысты спайда кæныныл. Уый ахъаз кодта вульгарон- социологон критикæйæ фервæзыцæн, хæстæг сæ кодта аналити- крц критикæмæ, историзмы хъуыдымæ. Æппæты разæй уъшæ йæ хъус чи æрдардта, уыдонæй иу уыд Тыбылты Алыксандр. Райдианы уал уыд .æрмæстдæр реализм, фæлæ критикон реализмы хуызæн нæ. Уый- рагæй зындгонд уыд, куыд «уæлдай адæймæгты» (лишние люди) рафæлдисгæ реализм, афтæ. Ацы реализмы равзæрд та бастой ног заманы кълассон тохимæ, пролетариаты тохимæ. Хуыдтой йæ алыхуьь зæттæ — революцион р’еализм, пролетарон реализм, революци- он-социалистон реализм, тенденциозон реализм, монументалон реализм æмæ а. д. Термин, социалистон реализм уырыссаг литературæзонæны фæзынд æмæ дзы пайда кæнын байдыдтой 1932 азы райдианы æмæ æртынæм азты æмбис махмæ, Ирыстоны дæр рапарахат. Арæхæй-арæхдæр байдыдтой йæ кой кæнын, критикон уацтæ чи фыста, уыдон. Алыксандрмæ революцион реализмы æмбарынадыл фыццаг хатт æмбæлæм 1931 азьт, Хъуылаты Созырыхъойы дыууæтомо- нæн цы разныхас ныффыста, уым. Созырыхъойæ зæгъы: «...бæ- рæг нæ уыдысты йæ фыццаг къахдзæфтæ, хæццæ йæм кодта ро- мантиз’мы тæваг, фæлæ куыд фæстагмæ ныл’лæууыд кълассон фæндагыл, р’еволюцион реализмыл». Алыксандрмæ уыцы реа- лизм нырма æвæрд уыд къуындæг фæлгæтты, аргъ ын кодта, куыд «æрмæстдæр кълассон хотых», афтæ, Социалистон методы æмбарынадыл та ирон критихон лите- ратур-æйы фыццаг хатт æмбæлæм 1935 азы, уый дæр Тыбылты Алыксандры уац «Силуэттæ», зæгъгæ, уым. Уый дæр фыст æр- цыд Советон хицаудзинады фынддæс азы бонмæ. Ныммыхуыр æй кодта Беджызаты Чермены уæлдæр ракойгонд уацимæ иу- мæ журнал «Фидиуæджы». Кæд Чермены уацæн уыд афæлгæ- стон ахаст, уæд Алыксандр та цыбыртæй, фæлæ уæддæр конкре-» тон æгъдауæй æрдзырдта, фысджытæй кæмæн цы бантыст сара- зыи, цы сты иу кæнæ иннæ фыссæджы дæсныйадон-сфæлдыста- дон миниуджытæ, уыдоны тыххæй. Банысан кодта1Хуссар Иры- стоны фысджытæн се ’ппæтæн дæр иумæйаг темæтæ: куыд цы- ди революцион тох Хуссар Ирыстоны, куыд рæзыд социалистон арæзтад нæ хъæуты, куыд сæфтысты зæронд æгъдæуттæ, куыд 43
æвзæрыд æмæ рæзти ног социалистон адæймаг. Сæрибар адæй- магæн йæ бон’цы стыр диссæгтæ бакæнын у, уымæн цæвитто- нæн æрхаста Хуссар Ирыстоны литературæйы рæзт фынддæс азы дæргъы: «Аив литературæ Хуссар Ирыстоны райгуырд Со- ветон хицаудзинадимæ... Фæллойгæнджытæм цы курдиатджын тыхтæ уыди, уыдон райхъал кодта Советон хицаудзинад. Рай- хъал кодта литературон тыхтæ дæр. Куыд зыны, афтæмæй Хуссар Ирыстоны аив литературæ аз- тæй хæрз чысыл æййафы. Нæ социалистон царды- темптæм ныр- ма дæрддзæф лæууы. Нæ социалистон царды уæрæх æмæ арф айвæзтыл нырма не ’ххæссы, фæлæ уæддæр тыхджын æмæ рæ- сугъд талатæ суагъта... Социалистон метод арфдæр уидæгтæ уа- дзы Хуссар Ирыстоны аив ’литературæйы»1. (Бахахх æй код- тон æз,— Æ. X.). Йæ уацы Алыксандр раззаг рæнхъы æрæвæрдта Беджыза- ты Чермен æмæ Хъуыл&ты Созырыхъайы. «Дæсны беллетрист Хъуылаты Созырыхъо бæрзонд сæргъæв- та ироы литёратурæ». Р1æ уацмысты хорз мнниуæгыл ын иы- майы царды æцæгдзипад æвдисын: «Иæ уацмыЬтæ æххæст сты царды æцæгдзинадæй, æххæст сты социалистон реализмæй. Хъуылаты Созырыхъо тынг арæхсы цардæн йæ æхсызгондæр моменттæ равзарынмæ. Тынг арæхсы цардæн йæ типон миниу- джытæ æрцахсын»2. Куыд зыны, афтæмæй Алыксандр ам социалистон реализмæн канд йæ кой нæ ракодта, фæлæ ма ,йын банысан кодта -йæ сæй- раг миниуджытæ дæр — царды сæйраг моменттæ æвзарын, йæ / типикон миниуджытæ йын æрцахсын. Æцæг сæ халгæ нæма ра- кодта, анализ сын нæма сарæзта. Алыксандр банысан ко^та, Созырыхъойы сфаалдыстад ро- мантикои ахорæнтæй реалистон нывæвдисыны дæсныйадмæ, царды уæрæх фæлтæртæ ныв кæнынмæ кæй рæзт, уый. Царды цæсгом реалон ахорæнтæй æвдисынмæ тырнгæйæ равзæрд Беджызаты Чермены хæдбындур прозæ дæр: «Чермен романтикон цæстæй иæ кæсы зæронд цардмæ, нæ бæрзонд кæ- ны уыцы цард. Зæронд царды хабæрттæн Чермен аргъ кæны нæ дуджы цæстæй,— зæронд’ æгъдæуттæ уый бары нæ дуджы стыр хъуыддæгтыл, афтæмæй зæропд хъуыддæгтæн тынгдæр разыны сæ цъаммар цæсгом. Афтæмæй хуыздæр скалы йæ рæсугъд хуыз нæ социалистон дуг»3. Цард йæ ал^ы ныхмæдзыдтимæ цы у æмæ куыд у, афтæмæй йæ уынын, афтæмæй йын аргъ кæнын, уыцы миниуæг Чермен- реалистæн уыд йæ курдиаты сæрмагонд миниуæг, номхуындæй уыцы миниуæджы руаджы фыццаг хатт ирон литературæйы очер- кы жанрмæ дæр йе ’ргом аздæхта уый. Афтæ зæгъын хъæуы йæ 1 «Фидиуæг», 1935, №№ 5—6, 51 ф. 2 Уый дæр уым, 53 ф. 3 ,Уый дæр уым, 56 ф. 44
«боныджы тыххæй дæр: «Йрпн советон литературæйы очеркимæ -фыццаг хатт Чермен ралæууыд... аив боныджы формæ Чермены йе’дтæмæ нырма ничи бафæлвæрдта ирон советон литературæйы. Йæ иуæй-иу рæттæ æмбисонды тыхджын æмæ цæстахадгæ «сты»1,— фыста Алыксандр. 30-æм азты æмбис Алыксандр æргом дзырдта, пролетарон фысджыты сфæлдыстад цардфæлгъауæг миниуæгæй хъуаг кæй уыд, уыцььхъуыды æмæ сидт фысджытæм, цæмæй царды æцæг- дзинад æвдисой цардæн йæхи хуызæн.удæгас фæлгонцтæй: «Нæ рæстæгæн айдагъ агнтацион зарæг æгъгъæд нал кæны, нæ рæс- тйег агуры хæрзхъæд, фæлгонцтæй фæлыст зарæг»2. Æрмæстдæр ахæм уацмыс уыдаид æцæг реалистон, социалистон.реализмы ^аккаг уацмыс. * * * Литературон критйкæйæн йæ -бындуры зоиадон хъуыды кæй юс аивад æмæ царды суСæгдзинæдтæ фæлгъауыны хъуыддаджы сæрмагонд литературон цæттæдзинад кæй домы, уымæ гæсгæ, махмæ, Ирыстоны, уый бæрæг объективон æмæ субъективон аххосæгтæм гæсгæ æрæгмæдæр æмæ къуындæгдæр уавæрты <æндидзыдта. Нæ литературон-критикон хъуыды арæхдæр йæхи дырыс системæйы хуызы нæ, фæлæ хицæн хъуыдытæ æмæ <жъуыддзæгты хуызы кæй æвдыста, уый дæр ыи у характерон миниуæг, гуыры йæ уавæртæй. ,Уымæй дарддæр бирæ хорз фип- иаинæгтæ, литературон æмбырдты æмæ дискусситы райгуыргæ хъуыдытæ-иу нысапгонд пикуы æрцыдысты, афтæмæй, кæд сæ заманы фæлтæры зæрдыл лæууыдысты, æмæ, зæгъын хъæуы,' æидавгæ дæр сыл кодтой, уæддæр уый фæстæ бамынæг сæ кой земæ сæ зонæг ничиуал уыд. Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы иу ахæм æмбырды 30-æм азты æмбис рауад цымыдисон ныхас журнал «Мах ду- джы» мыхуыргонд поэтикоп æрмæгыл. Абоимæ не ’рхæццæ до- кладгæнæг Гулуты Андырийы текст. Афтæ æххæстæй нæ зопæм, ныхасы рацæуджытæ цæуыл дзырдтой, уый. дæр. Фæлæ уыцы æмбырды уыд поэт Нигер, æмæ уый куыд докладгæнæджы, аф- тæ ныхасгæнджыты хъуыдытæн дæр сæ сæйрагдæртæ цыбыртæй фæфыста йæ дзыппыдарæн чиныджы. Ни^еры дзыппыдарæн чиныджы фæнысангонд хъуыдытæ абон махæп æвдисынц, уыцы æмбырды кæй ныхас кодтой ирон литературæйы, сæрмагондæй та, ирон поэзийы актуалон фарс- татыл, уый. Уыдон нып абон дæр бирæ цæмæйдæрты сты зæр- дылдарæн. Ноджы ма æвдисынц уый дæр, æмæ уыцы фарстатæ ирол литературæйы сæхицæн бынат кæй агуырдтой быцæуты, кæпæдзийы ныхмæ æвæрд ахастыты. Нигеры фиппаинæгтæм гæсгæ, Гулуты Андырийы доклады цы- 1 «Фидиуæг», 1935, №№ 5—6, 53—54 фф. 2 ЦИЗИИ-ны архив, 28 фонд, 1 сфыст, 132 æвæр. иуæг. 45
быр мидис уыд ахæм: ирон поэзи йæ рæзыны хъуыддаджы нæ- ма рахызт уæрæх фæндагмæ (уыцы фиппаинаг арæзта журнал’ «Мах дуджы» бæрæгбæлвырд ыомыртæм гæсгæ); ирон поэттьг фылдæр хай лæмбынæг нæ кусы æмдзæвгæйы культурæйыл, уы- мæ гæсгæ се ’мдзæвгæтæ нæ вæййыйц хæрзæхсæст, арæх сæм сты ритмикон къуыхцытæ; хуыздæр лирикон поэтыл нымадта Плиты Харитоны; Фæрниоыы æззæрста се ’ппæты хсæнæй, куыд «Маяковскийы фæдон», «уæрæх æвналæг поэт», афтæ; поэт Ма- лпты Гиуæргийы фыстыты ис иумæйаг быыæттæ; йæ поэмæтæ — «Гудзуна» æмæ «Темыр, Алсахъ»-ы кæрæдзийыл абарста æмæ йæм поэтикон æгъдауæй аивдæр, æххæстдæр фæкаст фыццаг, банымадта йæ эмоциондæрыл, фæлæ цæмæ гæсгæ афтæ уыд ,ха- бар, уымæн йæ аххосаг раиртасыныл нæ бафæлвæрдта; Мамсы- раты Дæбейы æмдзæвгæтæ бафаудта сæ техникон-дæсныйадон лæмæгъдзинадæй, тыхджындæр æй рахуыдта, куыд прозаик, аф- тæ; Хуытъинаты Цыппу æмдзæвгæйы рæнхъытæ цъæл кæны бархийæ, æиæисты принципмæ гæсгæ, фæлæ йæ хъус дары тех- никои амæлттæм, рифмæмæ æмæ æндæртæм; райдайаг автортæй домдта фылдæр ахуыр кæнын. Æмæ хатдзæг: нæ поэзи рæзыг уый дызæрдыггаг нæу, фæлæ нæм ахæм уацмыстæ нæма ис, йæ- химæ чиныгкæсджыты чи æлваса. Андыри йæ ныхас фылдæр- здæхта ирон поэтты уацмыстæн се ’ддаг фæлыстæн аргъ кæцын- мæ, иу кæнæ иннæ поэт цавæр æмдзæвгæйы хуызтæй пайда код- та, техникон æгъдауæй æххæст уыдысты йе ’мдзæвгæтæ æви нæ, рифмæ куыд аразьг æмæ а. д. Уый зын бамбарæы дæр нæ уыд, уымæн æмæ Гулуты Андыри йæхæдæг революцийы агъоммæ бавзæрста символистты æмæ декадентты æндæр фæдыздæхты- ты æндæвдад, уыдон та фылдæр сæ хъус дардтой поэтикон уац- мысы формæаразæг миниуджытæ æвдисынмæ. Андырийы хъуыдымæ гæсгæ, æмдзæвгæ хъуамæ уыдаид лæгъз, музыкалон, рифмæджын. Фæлæ уый докладмæ хъусджытæй ал- кæй зæрдæмæ нæ цыд. Нигер Андырийы докладмæ нейтралон хъусæг нæ уыд, бирæ хъуыддæгты йæ мидзæрдæйы быцæу код- та йемæ æмæ-иу хатт Андырийы хъуыдыйы фарсмæ бафыста йæхи хъуыды дæр ахæм дзырдтимæ: «æз та», «мæ хъуыды та». Малиты Гиуæргийы дыууæ поэмæйыл дзургæйæ, Андыри «Гудзуыа»-йы эмоцион æгъдауæй тыхджындæр кæй рахуыдта,. «Темыр Алсахъ»-ы та лæмæгъдæр, уымæн Нигер йæ аххосаг уыдта уын мидæг, æмæ, дам, Гиуæрги адæмон æмдзæвгæйы хуы- зы куы фæфыссы, уæд вæййы тыхджындæр, фæлæ уый зæгъын чæ бон нæ уыд Гиуæргййæн йæхи сæрмагонд æмдзæвгæйæ. Уый тыххæй йæ дзыппыдарæн чиныджы фæнысан кодта афтæ: «Уый (Малиты Гиуæрги) тыхджын у, адæмон æмдзæвгæйы хуызы куы фæфыссы, уæд, фæлæ лæмæгъ у оригиналон бæрцбарæнты; уы- мæн йæ уидæгтæ сты адæмон сфæлдыстады, уый нæй — уæд æднч у». Хуыздæр дзы кæцы уыд национ поэзийы рæзтæн, уый æрго- мæй нæ загъта, фæлæ уæддæр зын рахатæн нæу, Нигер йæ зæр- 46
дæйæн хæстæгдæр кæй кодта фыццаджы, ома «адæмон æмдзæв- тæйы хуызы фыссын». Æмткæй Андырийы докладæй Нигер разыйæ нæ баззад, æмæ.йын банысан кодта йæ сæйраг хъуагдзинад, уацмыстæн фылдæр-фылдæр сæ æддаг, формалон миниуджытæм гæсгæ кæй аргъ кодта, уый, «фæлæ поэзийы удыхъæды тыххæй ницы загъ- та», зæгъгæ. * • Андыри райдайæг автортæй хорз фысджытæ рацæуыны хъуыддаджы стыр ныфс æвæрдта ахуырæй, ома сæ ахуыр лæгтæ куы рацæуа, уæд уыдзысты сæрæн фысджытæ дæр. Нигер уы- мæн радта ахæм дзуапп: «О, фæлæ, Андыри, ахуыр кæнын æгъ- гъæд нæу». Ома фыссæг суæвынæн хъæуы курдиат, æмæ уый та æрдзæй рахæсгæ у, ахуыр дæр æмæстдæр курдиатджын лæгæн феххуыс уыдзæн. Докладгæнæг йæ ных’асы, цы у актуалон æмæ цы нæу ак- туалон, уый тыххæй куы ныхас кодта, уæд æм чидæр радта фарст, цы сты уыдон æмæ сæ куыд æмбарын хъæуы, зæгъгæ. ’Фарстæн Андыри цы дзуапп радта, уый- бæрæг нæу, фæлæ Нигер уый фæдыл йæ хъуыды фæнысан кодта ахæм хуызы: «Мæнмæ гæсгæ поэттæ вæййынц æидæр æмæ æндæр фæндæгтыл лæуд, ома сæ алкæмæн дæр вæййы йæхи амплуа — иу райсы историон сюжет, уый тыхджын вæййы уым, иннæ — фабриктæ-заводты куыст, аннæ — колхозты арæзтад». Ам Нигер бавнæлдта аивады абоны бон æмбарынадмæ, ома актуалондзинады фарстамæ кæсын хъæуы уæрæхæй, бирæ- тæ йæ куыд æмбæрстой, афтæ нæ. Цæвиттон, уалдзæг у, уæд поэттæ хъуамæ фыссой уалдзыгон быдырты куыстыл, фæззæг — уæд та фæззыгон быдырты куыстыл. Кæнæ уæрæхдæр — кол- хозты арæзтады рæстæджы фысджытæ хъуамæ фыссой æрмæст- дæр колхозты цардыл, ноджы уæрæхдæр та — советон фыссæг хъуамæ фысса æрмæстдæр советон дуджы цардыл. Актуалон- дзинадæн ахæм хуызы æмбарæн нæй, æмæ Нигер дзырдта уый тыххæй: «Абоны цæстæнгасæй ивгъуыдæн дæр равдисæп йс». Хуымæтæджы нæ рапарахат Фыдыбæстæйы Стыр хæстьг рæстæ- джы советоп поэтты сфæлдыстады историон-хъайтарон темæ, иоджы ног, актуалон мидис райстой историон цауты^л фыст ахæм уацмыстæ, куыд Н. Островскийы роман «Как закалялась сталь», В. Катаевы «Белеет парус одинокий». Нæхимæ та — Нарты кадджытæ, Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби» æмæ æнд. Андыримæ рардæуыд фарст: «Маяковскийы æмдзæвгæйы формæ ирон поэзийы ис?» Цы дзуапп ын радта, уый бæрæг нæу, фæлæ Нигеры фиппаинагмæ гæсгæ дзуапп Фæрнионы пайдайæн нæ уыд: фылдæр-фылдæр æй рахуыдта Маяковскийы фæзмæг. Андыри ахæм хатдзæг арæзта Фæрнионы æмдзæвгæйы фор- мæйон бæрджытæм гæсгæ. Нигер йæ дзыппыдарæн чиныджы уый сЬæдыл бафыста: «Цæмæй хæстæг у Фæрнион Маяковский- æн? Андырийы дзуаппимæ разы пæ дæн». Æмæ дарддæр ныхты 47
мидæг: «Æз»: Цы нысан кæныфæдоп? Фæрнион у новатор, омау махмæ ис классикон æмдз’æвгæ, Фæрнион халъг зæронд формæ- тæ æмæ ахуыр кæны ’ Маяковскийьг дæ’сныйадыл, поэтикон амæлттыл, æмдзæвгæйы культурæйыл, уæрæх æвналыны хъуыд- даджы æмæ а. д.». ’ ’ • Ома, Фæрнион фæзмгæ нæ кæны Л1аяковскийы, фæлæ йыл ахуыр кæны дæсныйадæй, уый та у æхсызгон хъуыддаг,- уæл- дайдæр сфæлдыстадои куысты райдианы. Йæ ацв ^бавнæлдтты- тæ сты æрдзон ирон поэзийы, æмæ уымæй у новатор, йог’фæ- зынд. ^ ’ ■ Æмбырды сæрмагонд бынат бацахста Фæрнионæн йæхи ра- цыхас, >æмæ куыд уым уæвджыты, афтæ мах цымыдйсдзинад. дæр сæйраджыдæр йæхимæ здахы уый. Андырийы доклад нæ фæцыд Фæрнионы зæрдæмæ дæр, æмæ уый .æнæнхъæлæджы нæ уыд,— куыд сæ царды фæндаг, зфтæ* поэзийы мидис æмæ нысаниуæджы тыххæн дæр сæ цæстæнгæс- тæ цæхгæр хицæн кодто-й. Уæдæ бæрæг у, цалынмæ советон фысджыты иууон Цæдис не сырæзт, уæдмæ фысджыты ’хсæн,. куыд «малусæгад» æмæ пролетлитературæйы хицæн ?линæзæрт- ты ярхсæч.цьг æгъа^ыр илейотт-политикон тох цыд, уый дæр. Фæрнион уыд ирон поэзийы ног фæлтæр, ног уылæны раз- дзогтæй иу йæхи сæрмагонд идейон-эстетикон цæстæнгасимæ, Андыри та ирон поэтты хистæр фæлтæрæй, поэзийы æндæр идей- он-эстетикон принциптыл хъомылгонд. Ам Андыри æмæ Фæр- нионы хъуыдыты быцæу æвдыста, дыууæ æндæр æмæ æндæр- ахасты, аивады кæрæдзийы ныхмæ æвæрд дыууæ рагон цæстæн- ’гасы — зæро’нд, консервативон æмæ ног рæзгæ цæстæнгас. Фæрнион загъта йæ хъуыды, конкретон æгъдауæй доклад куыд хуыздæр уыдаид, уый тыххæй: «Хъуыди афтæ бакæнын,— ис фыст Нигеры дзыппыдарæн чиныджы Фæрнионы ныхæс- тæй,—райс поэзийы рæзт: 1) йæ формалон хабæрттæ; 2) фæл- гонцы структурæ, композици æмæ а. д.». Андыри поэттæй домдта лæгъз, æлвæст фыст, фæлæ лæгъз æмæ æлвæст алы хатт поэтикон уацмысы хорздзинад æвдисæг нæ Еæййынц/ Уымæ гæсгæ Фæрнион бафиппайдта: «Æмдзæв- гæйы æлвæстдзинад æбæрæг у». Ома, гæнæн ис, ’ æмæ æлвæст æмдзæвгæ уа хорз кæнæ тынг хорз поэтикон уацмыс, гæнæн ис, æмæ уа лæмæгъ, афтид. - ] Куыд царды, афтæ поэзийы дæр Фæрнионы курдиат арæзг уыд ногдзинад -агурын æмæ арынмæ, курдиатджын уацмыс куыд йæ мидисæй, афтæ йæ формæйæ дæр хъуамæ уыдаид хæд- хуыз, ног, оригиналон. Уый дзырдта: «Андыри бынтондæр нæ- быхсы æмдзæвгæйы сæрибар формæ. Уый у классикон æмдзæв- гæйæн табугæнæг. Фæлæ цард рæзы æмæ размæ< цæуы, рæзы æмдзæвгæйы техникæ дæр. Маяковскимæ уарзон ахаст дарын; нæу поэтты сфæлдыстадон фæндæгтæ кæрæдзимæ æввахс кæ- ныны фактор. Фысджытæн дæттын хъæуы раст ориентаци, ома формæйы сæрибардзинады тыххæй. ч Агурын хъæуы ахæм ма- 48
дзæлттæ, цæмæй аивадон уацмйсы уа оригиналондзинад. Æвза-- рын хъæуы алыхуызон формæтæ...». Фæрнион Маяковскийыл куыд ахуыр кодта æмæ æмткæй кæ^ цыфæнды поэт дæр куыд фæахуыр кæны йæ размæйы дæсны поэттыл, уый иттæг раст æвдыстой Фæрнионы ныхæстæ,— Мая- ковскимæ поэттæй исчи уæлдай уарзон ахаст дары, уæд уыйг афтæ нæ нысан кæны, æмæ сын сæ фæндæгтæ кæрæдзимæ æв- вахс кæнæм. Рагон ирон æмбисондау, куырд куырдыл ахуыр- кæны,— поэт дæр ’ахуыр кæны поэтыл, фæлæ йæ,фæзмгæ, фæл- хат нæ кæны, эпигонтæ куыд фæкæнынц, афтæ, уый агуры йæ- хион, æмæ йæхи цы нæ у, уы,й нæ исы — ахуыр кæн алкæуыл дæр, фæлæ дæхи фæндагыл цу. Сфæлдыстадон кусджыты апьг •æнусон зонд æххæст кодта Фæрнион дæр йæ поэтикон сфæлды- стады, йæ курдиат æй куыд амыдта, афтæ, æмæ Маяковскийы фæлхат нæ кодта, ис зæгъæн: Маяковскиимæ кодта ерыс. Нигер нæ уыд æмдзæвгæйы формæйæн^уæлдай аргъгæнджы- тæй, фæлæ æппæтæй дæр хæст уыд, æмдзæвгæ оригиналон куыд уа, уыцы хъуыдыйыл, ныхмæ нæ лæууыд Фæрнионы хъуыдьщæ дæр, фæлæ уый йæ æрдзон удыхъæдмæ гæсгæ.уыд алцы лыстæг* Сараг. Ирон æмæ уырыссаг поэзимæ дæр йæ хъус лæмбынæг* дардта æмæ уыдта, бирæтæ оригиналондзинадæй фыдахъаз кæй кодтой,—сæ афтид, формалистон стихгæндтæ нымадтрй оригина- ’ лрн уацмыстыл, стыр сфæлдыстадон сгуыхтдзинадыл. Уымæ- гæсгæ Нигер Фæрнионы ныхæсты дæлвæд ныхты мидæг ба- фиппаДцта: «О, фæлæ оригиналондзинадæн дæргъвæтин æмба-- рынад ис». Нигеры фцппаинаджы контекст у ахæм: оригина- • лондзинад хъуамæ уа мидисджын, хъуамæ хынца æмæ æнцой’ кæна, йæ размæ хорзæй цы уыд, уыдоныл, цæуа уыдонæй дард- дæр æмæ уæлдæр цард æмæ адæймаджы миддуне иртасыны хъуыддаджы. Уымæгæсгæуым Ирыстоны рагондæр поэт Къу- балты Алыксандр мæнг оригиналондзинады ныхмæ цæхгæр куы загъта: «Дæ хæлафæй хæдон куы скæнай æмæ афтæмæй уын- джы куы| ацæуай, уæд уый оригиналон нæ уыдзæн» зæгъгæ, уæд уый "Нигер æхсызгонæй айста йæ зæрдаёмæ æмæ йæ чины- джы фæнысан кодта: «Æнæмæнг, оригипалондзинад æмбарын хæуы раст». , Фæрнионы разныхас уыд фæдзæхстау: 30-æм æмæ уый фæ- стæ ачты дæр ирон поэзи цæмæй сад, хъуаг цæмæй æййæфта,. стæй сæ куыд, цы амæлттæй хъуамæ фервæзтаид, уыдæттытых- хæй. Фæрнионы ныхас æнæмæнг, хъæздыгдæр,' зæрдæмæхизгæ- дæр уыдаид, Нигер ын йæ сæйрагдæр бынæттæ тезисты хуызы ’ куыд фæнысæнттæ кодта, уымæй. Фæлæ афтæмæй дæр æмбар- гæ чиныгкæсæгæн зын рахатæн не стьг йæ контуртæ, цы нысæнт- тæм амыдта, уыдон, æмæ ныл æндавы, ахсæм ын йæ зæгъи- нæгтæ. Йæ мидис цыбыртæй уыд афтæ: «Чиуы нæ поэзи. Ивгъуыд- мæ фæцæуы раздæры æнæкурдиат актуалондзинад. Адæмон сфæлдыстадмæ фæндаг тæссаг фæндаг у. 4 Заказ № 59 49*
Ерыс хъæуы социалистон арæзтады хъайтар’ фæллойь!л за- -рынæй. Адæмон сфæлдыстадæй спайда кæнын хъæуы уыцы хъуыддаджы. Фыдæлтыккон кадæджы формæ махæн райсынæн нæ бæззы... Нырыккон тематикæ журналы нæй. Сфæлдыстадон удгоймаджы фарст æвзарын хъæуы йе сфæл- дыстадон миниуджытæм гæсгæ. Поэт хъуамæ уа индивидуалон... Нæ нын фаг кæны революцион романтикæ. Мах стæм фак- тографтæ. Поэты сæрымагъзы ног фæлгонцтæ нæй, ардыгæй — литера- турæйы цы фæлгонцтæ ис, уыдон сты æгъуыз. Цæуын хъæуы заводтæм, колхозтæм æмæ а. д. Æнкъарын хъæуы цард». Цы нысан кодта Фæрнионы ныхас «чиуы нæ поэзи?» Сæйраджыдæр æмæ фыццаджыдæр уый, æмæ царды ’мдзу -нæ кодта, царды æцæгдзинад æмæ рæстæджы мидæг адæйма- джы зæрдæйы ахаст æмæ уаг æвдисынмæ нæ тырныдта, фæлæ йын иугъæдон амæлттæй дзырдта йе ’ддаг уæлæнгай хуызтыл. Нигер æй рахуыдта «иппæрд, схематикон». Дыккаджы та уый\ æмæ уæды онг реалистон типизацийы /фæндагыл ирон поэзины къухы цы ахъаззаг æнтыст бафтыд, уыдон адарддæр æмæ фæхъæздыгдæр кæныны бæсты ныр здæхт, кæнæ та иудадзыгдæр хъавыд аздæхынмæ уыдонæй иуварс, хьавыд адæмон сфæлдыстад стилизаци кæныны æвæлмон æмæ .æгъуыз фæндагыл ныллæууынмæ, Хетæгкаты Къоста æмæ уый фæстæ нæ иннæ зынгæдæр фысджытæ-реалисттæ ирон поэзийæн ды традицитæ скодтой, уыдоныл къух ауигъынмæ алы хатт зои- гæ-зонын кæд нæ, уæддæр. Гъе уымæ гæсгæ нымадта «тæссаг фæндагыл» адæмон сфæл- дысгадмæ авналыны хъуыддаг. Фæрнион йæ фæдзæхсæн ныхæстæ цæй’ бындурыл дзырдта, ’ахæм нсгы реалон факттæм нæ бон бацамонын у æви пæ? У. Ам бацамонын æмбæлы Барахъты Гинойы дыууæ егъау кадæ- джы — «Азджериты Куыцыкк» æмæ «Уæлладжыры кадæг». Уы- дон уæд мыхуыр нæма уыдысты, фæлæ сæ кой цыд æмæ сæ Фæрнион зыдтаид. Ноджы Малиты Гиуæргийы кадæг «Гудзу- на», Нигеры къорд уацмысы æмæ иннæты бирæ лыстæг æмдзæв- гæтæ. Уымæ гæсгæ Фæрнионы ныхæстæ, ома, ерыс хъæуы социа- листон арæзтады хъайтар фæллой равдисыныл æмæ уыцы хъуыддаджы спайда кæнын æмбæлы адæмон сфæлдыстадæй дæр, фыдæлтыккон кадджыты формæ та махæн райсынæн нæ бæззы, уыдон уыдысты актуалон æмæ нын æвдисынц Фæрнионы цыргъ хъуыды, нырыккондзинады æнкъарынад æм тынг кæй уыд, уый. Цæйбæрц раст разындысты Фæрнионы фæдзæхсæн ^ныхæсгæ, уый æххæстæй равдыста растæг йæхæдæг: 30-æм азты æмбисæй фæстæмæ, æнæхъæн фынддæс азы бæрц æмæ ноджы фылдæр ,50
дæр, фольклорон темæйыл фыссын адæмон сфæлдыстад стили- ’заци кæиын ссисирон поэтты сфæлдыстадон куысты нормæ,. поэтикон уацмысы хорзы нысан бæрæггæнæг. Уыцы заман, зынд- гонд куыд у, афтæмæй разынд ирон поэзийы историйы иууыл æнæфтиагдæр. Литературæйы истори махæн æвдисæн у, иууыл стырдæр’ фысджытæ дæр сæ рæстæджы низтæй иудадзыг хызт кæй нæ^ уыдысты, уымæн. Нигер дæр ирвæзт нæ уыд йæ рæстæджы лæ- мæгъдзинæдтæй, хатт та-иу иæхи сæ^ сæрыл дзурæг дæр, скод- та. Æмæ уал фыццаг Фæрнион афтæ кæй загъта, фыдæлтыккЪн кадджыты формæ махæн райсынæн нæ бæззы, уымæн радта цæхгæр дзуапп: «уый раст нæу», стæй фæстæдæр ноджы фæ- бæлвырддæр кодта йæ ахаст адæмон сфæлдыстадмæ, Фæрнио- ны хъуыдыйы ныхмæ цæхгæр чи лæууы, уый: «Мæнæн амæй фæстæмæ æрмæстдæр иунæг фæндаг ис размæ: адæмон сфæлт дыстадмæ». Æмæ йæ равдыста практикон æгъдауæй дæр —- 30-æм азты æмбисæй фæстæмæ цы аивадон уацмыстæ фыста^ уыдонæн сæ фылдæр фыст уыдысты адæмон сфæлдыстадыл. Уый уыд Нигеры, ирон поэзийы тынг цымыдисаг æмæ ва- зыгджып хъысмæт кæмæн уыд, уый сфæлдыстады размæ нæ — фæстæмæ амонæг фæндаг, фæстæмæ къахдзæф. Æртыккаджы та — уый дæр фыццагимæ баст у — æвзонг* ирон советон поэзи нæ фæрæзта царды цаутæ бæрзонд аивадон иугонд хатдзæгмæ сисын, баст уыд царды фактты къæдзилыл. Æмæ уый уæд канд ирон поэзийы миниуæг нæ уыд. Лефы (аивады галиу фронты) теори «факты литературæйы» тыххæй уæд уæрæх парахатгонд уыд уырыссаг æмæ æппæт советон ли- тературæты дæр. Лефонтæ сæ уд иуддадзыгдæр хъардтой лите- ратурæйы ахæм жанртæм куыд очерк, репортаж, плакат æма&* а. д. Дыууынæм азты дыккаг æмбис æмæ æртынæм азты рай- дианы æвзонг ирон поэттæ сæ зæрдæмæ хæстæг айстой уыцы æнæраст зондамынд æмæ царды фæзындтæ аивадон фæлгонцы руаджы иртасыны бæсты, характертæ психологизаци кæныны бæстьт сæ-ных скодтой æддаг бæрджытæм, факттæм. Уымæн йæ • аххосагыл бынымайын хъæуы уый дæр, æмæ сын нæ фаг кодта ног царды мидис зонын, уымæ гæсгæ «поэтты сæры хмагъзы нæ уыд ног царды фæлгокцтæ» æмæ литературæйы фæлгонцтæ дæр уымæ гæсгæ уыдысты,«æгъуыз». Фæрнионы ныхасы кæронбæттæн дзырдтæ — «хъуамæ ’нкъа- - рæм цард», зæгъгæ, хорз кæрон кодтой йе ’ппæт хъуыдытæн дæр. Уыдоны мидæг ницы уыд эмпирион æгъдауæй, ома, цард æрмæст физикон хуызы æнкъарынæй. Фæрнионы хъуыды арæзт уыд уымæ, цæмæй ирон поэтты сфæлдыстады цард æвдыст цы- даид йæ революцион ивдты, хъацыд уыдаид арф’ хъуыды æмæ’ цæхæрзæрдæйы уарзтæй, цæмæй поэттæ иу ма кодтаиккой се ’гъуыздзинадæй, фæлæ сæ алчи дæр уыдаид хицæнхуызон. Æр- мæстдæр, поэттæ кæрæдзийы хуызæн куы нæ уой, поэзийæн уæд 51
уыдзысты хион, ома, «поэт хъуамæ уа индивидуалон». Уый уыд .ахсджиаг домæн. Нигеры фæнысанкæнинæгтæ куыд æвдисынц, афтæмæй æм- *бырды «бирæ дзырдтой æмдзæвгæамадыл, фæлæ йын сæрфад не ссардтой». Нигермæ уыцы фарсты фæдыл уыд йæхи сæрма- гт’онд хъуыды: «Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ ритм, æмдзæвгæ- йы бæрцытæ, рифмæтæ, эпитеттæ æмæ а. д., уыдон сты аивадон фæрæзтæ, алыхуызон мадзæлттæ," цæмæй нæ ныхас уа тынгдæр эмоцион, фæлæ æппæт уыдон æнæмæнгхъæуæг нæ уыдзысты, й&д поэт йæ ныхасы эмоциондзинад стыхджын кæнынаён æн- .Й&р амæлттæ ссара, уæд: мидис, цаутæ сытынг кæнын æмæ >а'. й.». Ам Нигер йæ ныха’с æмпу кодта æмдзæвгæйы формæара- .зæг хæйтты фæдыл Хетæгкаты Къостайы зындгонд хъуыдыимæ. Афтæмæй докладмæ, стæй æмбырды цы ныхæстæ æрцыд, уы- д&кмæ цы цæстæй акаст, уымæй мах базонæм Нигерæн йæхи дæстæнгас дæр. Кæд æм иуæй-иу фыстыты фæдыл ныхмæвæрд хъуыдытæ уыд, уæддæр уый ахста раззаг йозици, йæ ныхасæй æндæвта, курдиат æмæ зæрдæгъæвддзинад кæмæ уыд, уыдо- ;ныл. - Поэтикон дæсныйадæн аргъ кæныны хъуыддаджы йæ хъуы- .ды’ здæхт уыд сæриба^æй архайынмæ, сæрмагонд фæндæгтæ .агурынмæ, индивидуалон райдайæнтæ æмæ æууæлтæ æвдисын æмæ тынг кæнынмæ, иумæйаг канонТæ æмæ поэтикон догмæтæ нкцæмæ даргæйæ. Ам уйелдай цæстæвæрæн уыдысты Фæрнионы хъуыдытæ. ИПФА-йы дужы йæм зæронд æмæ ног литературон фæзындты æмахастыты фарсты цы дæрзæг æмæ цæхгæр митæ уыд, уыдон цъусгай, фæлæ бæстонæц ивгъуыдмæ цыдысты æмяе йæм сæ бынаты эволюцион æгъдауæй æвзæрд йæ заманы цард æмæ аивады раз бæрн, арфæй-арфдæр кодта йæ хъуыды, йæхи- ’цæй дæр æмæ йæ алЬшарс сфæлдыстадон куыстгæнджытæй дæр домдта фылдæр. Фæлæ йын уыцы фæндагыл йæ къабæзтæ .айвазыны фадат нæ фæци, йæ цард æнафоны аскъуыд. Нигеры дзыппыдарæн чиныг нын фæци æнæнхъæлæджы ав- дисæн ирон литературæйы ахсджиаг рæстæг — 30-æм азты æм- бй^мæ ирон æвзонг советон литературæ царды æцæгдзннад æмæ рæстдзинад æвдисыны хъуыддаджы цы фæлтæрд райста æмæ йæ аразджытæ сæ дарддæры куысты сæхицæн цы фæидæгтæ ’æв- зæрстой, уымæн. Уыцы азтæ æвзонг фысджытæн уыдысты рæз хæссыны азтя^. царды æмæ литературæйы дæр фæлтæрддзинад исыны азтæ æмæ сæм стыр æнтыстйтæм æнхъæлмæ кæсынæн нцрма раджы уыд. Афтæ зынд, цыма поэтты ног фæлтæр æмæ алфамблай цард се ’нæвдæлон згъорды кæрæдзиимæ ерыс кодтой, уыцы знæт, æнæвдæлон уавæр йæ фæд уагъта се сфæлдыстадыл. Уы- мæ гæсгæ нырма нæдæр царды ног æцæгдзинад, нæдæр уый æвг дисæг аив литературæ æмæ нæдæр сæ эстетнкон аргъгæнæг — лйтературон критикæ нырма кæрæдзийы æвдисын æмæ æмба- рыны хъуыддаджы нæ байрæзтысты сæ иумæйаг бæрзонд нысан 52
жмæ хæсты æмбæрц. Фæлæ æртынæм азты æмбисмæ æвзонг фысджытæ цы рæз схастой, уый уыд царды мидисæй дарддæр ноджы хъацыдгонд аивадон, рæстæджы мидисæй дæр. Нæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй цæвиттонтæ бирæ ис ^æрхæссæн, фæлæ фаг у иунæг Фæрнионы кой ракæиын дæр. <&æрнион, зæгъæн ис, уыд характерон фæзынд ирон литерату- рæйы вазыгджын заманæн. Æппæт йæ тыхтæ, йæ уд, йæ тыр- нындзинæдтæ лæвæрдта ног заманы аивадæн, куыста æвæллай- гæ, хъуаг нæ уыд сфæлдыстадон хæлæфдзинадæй дæр: поэзи, прозæ, драматурги, критикс?—ацы ’ж’анрты се ’ппæты дæр æв- .дыста йæхи сæрмагонд æрмдзæф. Уыдис æм къуыхцыт&, хатт- иу кæлгæ дæр фæкодта, фæлæ йæ цард æмæ сфæлдыстады ак- тивон кæй уыд, уый руаджы уыдон нæ цæсты тынг нæ-ахадынц, кйед сæ иуæй-иу критиктæ æгæр сæйраг дæр ма кодтой æма& йыя йæ сыгъдæгзæрдæ куыстыл къæм æппæрстой, уæддæр. Аф- тæ рауад йæ роман «Уады уынæр»-ы -^ ирон литературæйы фыццаг романы хъуыддаг дæр. Роман мыхуыр кодтой 20-æм аз- ты кæронæй суанг ШЗб азмæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фи- диуæг». . Иæ фыццаг сæрты фæзындæй йæм уайтагъд чиныгкæсæг дзыллæ æмæ критикæ сæ хъус æрдардтой. Уый дзурæг уыд куыД хиц^енæй авторы аивадон хъаруты раёзтыл, афтæ æмткæй ирон лрозæйы жанры потенцион хъарутыл дæр адæмы уæрæх исто- рион-социалон царды нывтæ реалистон ахорæнтæй æвдисыны хъумддаджы. 1934 азы Тыбылты Алыксаидр «Мах дуджы» дыууæ номыры тыххæй цы уац ныммыхуыр кодта, уым фыста, зæгъгæ, «Мах дуджы» ис дыууæ нывы Фæрниаты Къостайы «Уады уынæ- рæй»... йæ иннæ нывтау адон дæр аив æмæ удæгас рауадысты». Критик йæ хъуыды дзырдта хицæн сæртæм гæсгæ, æнæхъæ- нæй нæма уыд йемæ зонгæ. Фæлæ дзы цы чбакаст, уым ын йæ хорздзинæдты æмрæнхъ бафиппайдта йæ хъуагдзинæдтæ дæр, царлы хабæрттæ дзы алы ран бауырнинаг хуызы æвдыст кæй нæ уыдысты, уый: «Хорз уаид ноджы, Фæрнион анекдоттæй куы ."хизид йæ аив уацмыстæ æмæ йæ иуæй-иу хъайтартæ æгæр æды- лы куы нæ уаиккой. Æрхы хъæуы адæм афтæ æнхъæлынц, æмæ .-æфсæдтæ хæстмæ æнæ хæцæнгарзæй цæу’ынц, паддзæхтæ та дзы хъæбысæй хæцынц. Паддзахы æфсæдтæ сæ фыр æмбаргæйæ булкъоны раз революцион зарджытæ кæнынц. Уанцон æдылы нæу»1. Алыксандр уыд раст. Дзырд цæуы романы дыккаг хайыл. "Чи зоны, Фæрнион ацы ныхæстæ йæ зæрдæмæ бахастаид æмæ чиныг хицæнæй уадзгæйæ æркастаид уыцы бынæттæм, фæлæ йын уы,й нæ бантыст. Романы дыккаг чиныгæй абон мах зонæм æр- мæстдæр цалдæр сæры. Алыксандр хицæн фиппаинаджы хуызы литературон крити- ^æйы этикæйы фæлгæтты кæй бафæрæзта зæгъын, уый æндæр 1 «Фидиуæг», 1934, №№ 7—8, 127 ф. 53
критиктæ равдыстой афтæ, цыма федтой цыдæр стьгр диссаг, стыр фыдракæнд Фæрнионы ’рдыгæй æмæ йæ ахастой æмткæй романы идейон мидисмæ, афтæмæй фæдисы хъæрахст систой. Æппæты разæй уый бакодта Мамсыраты Дæбе. Уый бафæлвæрдта Фæрнионы роман реализмы принциптæй скритикæ кæнынмæ, фæлæ йæм фауæн цы хаста, уыдон фаг фи- даргонд нæ цыдысты романы æрмæгæй. Афтæмæй романы ха- бæрттæ Дæбемæ гæсгæ рауадысты æрмæстдæр «баб’айы ар- гъæуттæ». «Мæнмæ гæсгæ,— фыста Мамсыраты Дæбе,— Фæрнион йæ «Уады уынæр»-ы равдыста, фыццаджыдæр, уый, æмæ уæззау айв ныхас кæй нæ уарзы сæртæг фæлæбурд, фæлæ кæй агуры йæ си- сыныл бирæ кусын, бирæ хъару фесафын. Дыккаджы уый, æмæ цы нæ зонай, кæй цардæй нæ цæрай, кæй рæуджытæй нæ улæ- фай, кæнæ та дæхицæн знаг кæй нæ хонай, уый сæрæй йæ къæх- ты бынмæ куы нæ зонай, уæд уыдоныл роман ныффыссæн кæй нæй, «бабайы аргъæутты» уæлдай»1. Критикы хъуыдымæ гæсгæ Фæрнионы романы нывтæ, йæ хъай- тарты архайд реалистон, цардæнгæс не сты, уымæн æмæ, дам, ♦автор абырæджы цардæй нæ’цард, нæ улæфыд абырæджы рæу- джытæй. Критик аивадон уацмысы царды растдзинад æвдисын ахæм хуызы кæй æвдыста, уый фæлдисæг курдиаты хиад нæ уыди. Ро- маны коллизийæн, архайджыты митæн Дæбе сæрæй-кæронмæ ныббаста æрмæст авторы бархъомыс, авторы фæндондзинад, о> циалон-психологон æгъдауæй æмбæрст кæй цæуынц, уый нæ, фæ- лæ. «Нæй «Уады уынæр»-ы æцæг уады уынæрæй уæлдай адæмы уынæр, нæй дзы, царды ахæм фæндагыл чи тулы, уыцы мæцъи- сты уынæр æмæ дзы тынг арф нæу аив литературон ныв, нæй дзы, æппынфæстаг, æцæг царды уынæр»2. Афтæ уыд йæ хатдзæг кри- тикæн æмткæй романы идейон-аивадон мидисы тыххæй. Ноджы дæрзæгдæр хуызы равдыстой сæ ахаст романмæ Беса- ты Тазе æмæ Епхиты Тæтæри. Фæрнионмæ гæсгæ, зæгъгæ, æппæт абырджытæ дæр сты революционертæ, фæллойгæнæгæй, кула- кæй, дам, сæ автор æвдисы иухуызонæй, уымæн æмæ, дам, «уый у авторæн йæхи концепци. Автор йæхи хъары троцкистон- меньшевикон тезис. сфидар кæнынмæ аивады хуызты мидæг, ома... Ирыстоны зæхкусæг адæмæн сæ гуымирыдзинад æмæ са$ талынгдзинады руаджы сæ бон ’нæу революцийы идейæ бамба- рын»3. Авторæн æххуыс чи фæуыдаид, ахæм хъуыддаджы æргом, сыгъдæгзæрдæ ныхасы бæсты фылдæр кодтой хъæнтæ агурыны куыСт. 1 Газет «Æрыгон болылёвик», № 39. 2 Уый дæр уым. 3 «Фидиуæг», 1935, № 7, 81 ф. 54
Уацмысы йæ кой дæр кæмæн нæ уыд, æмæ автор хъуыды дæр кæуыл нæ акодта, ахæм реакцион философи дæр дзы ыс- сардтой: «Фæрнионмæ гæсгæ талынгдзинад æмæ æнæбондзинад кълассон эксплуатацийæ нæ цыдысты, фæлæ сты æнусон катего- эитæ, цыма æппындæр нæ хъуыди революци»1. Æмæ иугæр романы идейон апмæ ахæм хъæн бафиппайд- той, уæд уый æнæфæзынгæ ма хъуамæ фæуыдаид йæ аивадон хæрзхъæддзинадыл дæр, æмæ загътой: «Йæ фысты нæй мидæ- гон бастдзинад, иууылдæр кæрæдзийыл у мæнг ныхæст»2. Кæ- ронæй та скодтой ахæм хатдзæг: «Дзырд дæр ыл нæй, ацы фыст кæй бакодта йе знаггады ми мах хъуыддагæн æмæ кæй фæци пайда кълассон знагæн, ууыл»3. Афтæмæй æрыгон фыссæджы уæзгæ фæллой — фыццаг ирон романыл, баузæлыны æмæ йæ барæвдауыны, йе ’цæгдзинад ын рафæлгъауыны бæсты ирон критиктæ, Алыксандрæй фæстæмæ, сæмбæлдысты цыргъ кæрдтимæ. Бæрæг объективон аххосæгтæм гæсгæ дæргъвæтин рæстæджы нæ литературæйы бирæ уацмыстау ирон чиныгкæсджытæн фадат нæ уыд уый кæсынæн дæр, критик- тæн та—йæ кой кæнынæн. Уый аххосæй романæн тæккæ æхсыз- гон рæстæджы йæ бон цас балæггад кæнын(уыд йрон аив дзыр- дæн, уымæй уыд æнæхай. 30-æм азты æмбисæй фæстæмæ æнкъардæуыд, политикон æгъдауæй кæрæдзийы æфхæрын, кæрæдзимæ идеологон къухба- кæиæщæ агурын та цъусгай тынг кæнын кæй райдыдта. Уый курдиатджын сфæлдыстадон тыхты иппæрд кодта сæ куыстæй. Ам фыццаг бар уыд, литературæйы къæсæртæ чи надта,.афтæ- мæй æнтысгæ кæмæн ницы кодта, критикæйæ мастисæг æмæ ли- тературон дзырдхæссыны фæрæз чи арæзта, уыдоны къухы. Уыцы уавæр цæлхдур æвæрдта, реализмы принциптæ биноныг кæныны фæндагыл литературон критикæ цы æмвæзадмæ хъуа- мæ схыЗтаид, уый раз. Тæккæ уьтцы заман куы фысджыты æмбырдты, куы мыхуы- ры критикы ролы йæ ном цалдæр хатты фæзынд Тыбылты Лентъойæн. «Фидиуæджы» ныммыхуыр кодта æртæ рецен- зийы — Нигайы æмдзæвгæты чиныг «Дуджы уылæнтæ», Гæзза- ты Сосланы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Фат» ^ æмæ Дзе’сты Куыдзæджы юмористон радзырд «Бюрократ»-ы тыххæй. Рецензитæ се ’ртæ дæр нывæст уыдысты политикон фаутæ ^æссын æмæ азымтæ кæныныл. Нигайæ зæгъы: «не ’вднсы кълассон тох», «йæ цæст нæ хæцы кълассон знагыл», «иртæст у кълассон тохæй». Иæ лирикон хъайтар арæх номивæджы цы- быр формæ «нæ»-йæ кæй пайда кодта, уый йын йæ цæстмæ ба- дардта æмæ йæ бафæдзæхста, дарддæр ма афтæ куы кæна, уæд ын тæссаг кæй у националист фыссæг рацæуынæй, уымæй, ’ * «Фиднуæг»,1935, № 7, 8 ф. 2 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым. 55
зæгъгæ, Хетæгкаты Къостайы.куыд нæ фæзма, афтæ, ома Къос- та дæр националист у, æндæр цы. Сосланы тыххæй та афтæ фыста: «Цух у идеологон фидар цæстæнгасæй». Фæлæ æппæты стырдæр азым сæмбæлд Дзесты Куыдзæгыл, цыма уый йæ радзь!рдæй хъавыд не ’хсæнад зыгъуыммæ равди- сынмæ, «...нæ кусæндæттæй алкæй мидæг дæр кусы бюрократ- тæ», уым’æ гæсгæ йæ азым кодта: «уый у æргом троцкистон ма- неврæ». Лентъо æппындæр нæ быхста лирикон афыстытæ, æрдзы нывтæ. Нигайы тыххæй уæлдæр^ банысангонд рецензийы фыс- та: «...æрдзы рæсугъд миниуджытæ... хæхтæ, кæмтты ног .исты рæзы, æмæ уыдоныл фысс, уый ’иттæг зиан нæу, фæлæ-Нига æгæр бæрзонд мигъты, цъититы, ^кæмтты Леуахийы дымгæйыл зары, цæмæ гæсгæ ис зæгъæн — хъæуы рахизыи уырдыгæй Ни- гайы»1. Иуæй-иу ирон дзырдтæ та йын, зæгъæм, «дзæнæт, «нывонд», æмæ æндæртæ бынтондæр фауддзаг уыдысты, нымадта сæ ди- ны ныхæстыл, цыма уыдон дин пропагандæ кæнынæн æххуыс. уыдысты, афтæ. Ахæм уацтæ хæрх уыдысты æртынæм азтæн куыд сæ рай- диан, афтæ сæ астæу æмæ сæ кæрон дæр, сæ иугъæдои фаутæ, азымтæ, хъæбæрæй кæй дзырдтой, æмæ уацæй уацмæ хизгæйæ,. бонæй-бонмæ, ^азæй-азмæ баналон чи сси, уыцы «æцæгдзинæд- тæ» абон. мисхалы бæрц дæр ницыуал марынц литературæйы, фæлæ уæд иумæйаг литературон хъуыддагыл æндæвтой комком- мæ. Абон, чи зоны, сæ кой нал кæниккам, фæлæ æнæ уыдон æртынæм азты ирон литературон царды ныв нæ уыдзæн æх- хæст. Раст у, бирæтæ дзы, æцæгæй дæр, аккаг не сты, æгæры- стæмæй, сæ ракойæ дæр къæм æппарынц нæ хæрзæгъдауыл, фæлæ сæ зонынæй та хæсджын стæм, куыд ногдæр дуджы цæ- рæг фæлтæр. Æмæ дзы искуы и.скæй сихыл, мыййаг, ногæй æнæн- хъæлæджы куы рамбæлæм нæ литературон ’царды, куыд ана- хронизм, афтæ, уæд нын цæмæй зындгонд уа сæ физиономи, сæ равзæрд кæцæй æмæ цæмæй хæссынц, уый. * * * 30-æм азты ирон литературон критикæ уæлдай тынгдæр кæ1 лаг разынд ирон советон поэзийы историйы тæккæ курдиат- джындæр æмæ вазыгджындæр поэт, ирон литературæйы Хетæг- каты Къостайы традицитыл хæст æмæ сæ дарддæр гæнæг Ниге- рьт сфæлдыстадыл. Вульгарон-социологон критикæ йæ дæрзæг, хъæбæр аргументтимæ æппæты æдзæттæдæр æмæ æдыхдæр уыд Нигеры сфæлдыстад бамбарынмæ, рафæлгъауынмæ. Фæливгæ змæст чи хаста, уыцы стыр историон гуылфæны бацæуæг адæ- 1 «Фидиуæг», 1935, № 4, 70 ф. 56
мы хъысмæтыл арф сагъæстæ æмæ судзгæ зонды хъуыдытæй æцдыгъд поэзи зынтæй бадти æнарæхст, æнæпоэтты къухæй конд развæлгъау цæттæ барæнтыл. Нигеры поэзи уыдон къухы зынди, архайын кæмæй нæ фæзонынц, афтæмæй раздух-баздух кæй кæнынц, ахæм тæлусон дзаумайы хуызæн. Алчи йæ йæхир- дыгонау, йæхи зонд æмæ æмбарынадмæ гæсгæ фæлгъуыдта, ал- чи дзы йæхирдыгонау цыдæртæ агуырдта æмæ ардта, фæлæ уы- донæн сæ фылдæр уыдысты, æцæгæй дзы цы уыд, цæмæй цард, цæуыл сыгъд æмæ рыст, уый нæ—сæ бон нæ уыд, рарт аргъ ын скодтаиккой, бамбæрстаиккой йæ. Литературæйы рохтыл чи ныххæцыд, уыцы пролетарон фысджытæ сæхи хуыдтой фидæны фæдисонтæ, Нигер та сын, афтæ чи фыста: Æрцу, о нæуæг ир! I Уæрæх—мæнæн мæ риу, парахат риуы зæрдæ. Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — Æз байтыгътон мæ тæрттæ! уыд, революцийы хъæрмæ чи нæ райхъал, цавæрдæр мæгуыр- дзинадыл чи зарыд, ахæм. Иæ алыварс чи уыд, уыцы хъæрахст- гæнæг поэттæ-фысджыты ’хсæн Нигеры хъысмæтмæ абоны бо- нæй куы акæсæм, уæд дзы æнкъардæуы цахæмдæр иунæгдзи- над, хицæндзинад. Уыцы уавæр æй хатт æхгæдта йæхимидæг, йæ сагъæстæ, йе ’нкъарæнтæ-иу тынгдæр аздæхтысты мидæгыр- дæм, уæлдайдæр та æртынæм азты кæронмæ æввахс, кæд-иу хатт хъандзалтау ныллæууыдысты æддæмæ рæмудзыныл, уæд- дæр. Уыцы химид æхгæддзинадæн ницы уыд иумæйагæй нæдæр æгъатыр аскетизмимæ, нæдæр уазал эгоцентризмимæ,' уый уыд йæ адæм. æмæ йæ рæстæджы хъысмæтыл арф сагъæсгæнæг на- мысджын адæймаджы зæрдæйы катæйттæи æвзæргæ ахаст. Нигеры тыххæй уæд фыстой бирæтæ, чи сæрмагондæй, чи та , æндæр хъуыддæгтимæ уый кой дæр ракæнгæйæ. Фыстой йыл ИПФА-йы уæнгтæ, фыстой йыл, æмбæлццæттæ кæй хуыдтой, уыдон дæр, ома, хистæр фæлтæры фысджытæ. Пролетаронтæ йæ фылдæр нымадтой æмбæлццоныл — хистæр фысджыты ми- нæварыл æмæ уыдоны зондахастæй хайджыныл, хистæр фæл- тæры фысджытæ та йæ кæстæрты рæнхъмæ хастой. - Ирон критиктæн сæрысуангæй фæфæтк ис — æмæ ма йæ ныр дæр кæнынц,— Нигеры сфæлдыстад хицæн периодтыл цæхгæр дих кæныны практикæ. Иу кæнæ иннæ фыссæджы сфæлдыста- дон куыст периодтæм гæсгæ æвзарын, ахуыр кæныны хъуыДдаг æмбæрстгонд у, фæлæ уый механикон æгъдауæй æмæ æнæнхъæ- лæджы ма цæуа хъуамæ арæзт. Поэт абон, кæнæ та абон дæр æмæ знон дæр, цалдæр сæрмагонд æмдзæвгæйы ныффыста, уæд уымæй период нæма рæзы. Нигеры сфæлдыстадон периодтæ та фылдæр ахæм принципмæ гæсгæ арæзт цыдысты: иу кæцыдæр бæрæг-бæлвырд æмдзæвгæйæ-иу райдыдтой æмæ-иу фесты æн~ дæр, бæрæг-бæлвырд æмдзæвгæйыл. Арæхдæр уыцы периодтæ бастой æхсæнадон царды алыхуызон нвындзинæдтимæ. Чысыл ,57
исты ивд æрцыд царды, уæд та уымæ гæсгæ йæхæд уæлвæд, æнæмæнг хъуамæ ссардтаиккой поэты сфæлдыстады дæр ивын- дзинад, периоды райдиан кæнæ кæрон. Афтæмæй Нигеры уы- нæм, иу бæлвырд идейон-эстетикон фæд-фæдыл рæзæг цæстæн- гасыл хæст поэтæй нæ, фæлæ арæх раив-баив чи кодта, ахæм поэтæй. Дзырд дæр ыл нæй, уыцы периодтыл днх кæнынæн æцæг- дзинадимæ иумæйагæй ницы уыд, уый хæлдта, мидхъуырдухæн- тæ æмæ знæт сагъæстæй æмæндыгъд чи уыд, уыцы поэты сфæл- дыстады диалектикон иудзинад æмæ иууондзинад дæр. Критик- тæ йын йæ цæстмæ дардтой, зæгъгæ, Нигер цы адæмы мæгуыр- дзинад æвдисы, цы мæгуыр цард æмæ æфхæрд, ссæст адæймæг- ты кой кæны, уыдон уыдысты æнæконкретон, царды сыл æцæ- гæй кæ уыд фембæлæн.. Фæрнион Къоста банысангонд дæсазы райдиан журнал «Фи- диуæджы» фыста: «Нигерæн йæ фысты ис ну сахъатдзинад: æв- дисы абстрактон мæгуыр лæджы. Нигеры мæгуыр лæг нæ зыны комкоммæ йæ фысты, фæлæ цæуы йæ кой æмткæй». Æмæ дард- дæр:-«Нигерæн уыцы «низ»баззад йæ революцийы агъоммæйы фыстытæй»1. Ам махæн хъуамæ æмбæрстгонд уа, номхуындæй, «револю- цийы агъоммæ фыстыты» кой. цæй тыххæй ракодта, уый: уæл- дæр куыд загътон, афтæмæй ИПФА-йы уæнгтæн Октябры рево- люцийæ фалæмæ рæстæджы цы уыд, зæронд заманы арæзт цы ’рцыд, уый иууылдæр уыди æвзæр, «лыстæгбуржуазон идеоло- гийæ хъацæнджын». Æмæ кæд Нигер Фæрнионæн царды æнад адæймаг нæ уыд, сæ уацмыстæ дæр хицæнæй, Хъамбердиаты Мысост дæр семæ, афтæмæй иу чиныджы æмуд, хæлары ныса- иæн рауагътой, уæддæр ын йæ иу æмбис, революцийæн фалæр- дыгæй фарс чи уыд, уый нæ иста. Уый фæстæ ма нæм йе сфæл- дыстад алыхуызон периодтыл дих кæныны хъуыддаг диссаг дæр куыд фæкæса! «Фæлæ,— фыста дарддæр Фæрнион,— æмбæлццон фыссæг Нигер ныфс æвæры, йæ аив фысты тых æмæ йæ фæлгæнцтьг ахастæй рæхджы кæй суыдзæн æмдзæдисон»2. Уыцы хъуыды уæрæхдæр хуызы фæлхатгонд цæуы йæ хæд фæдыл анонимон уац, «Нигеры фæндаг», зæгъгæ, уым. Уацы автор хаты, Нигер æцæг поэт, хъуыдыгæнæг поэт, йæ бамбарыны хъу’ыддаджы зындзинæдтæ чи æвзарын кæны, ахæм поэт кæй у, уый æмæ дзы зæгъы: «Нæу Нигер, фæндагыл уыцы æмцыдæй чи рацæуы, уыцы фысджытæй, нæу Нигер уæлæнгай хъæргæнджытæй, нæу Нигер рифмæ бийджытæй дæр. ’Нигер у æцæг поэт, курдиатджын поэт, арф поэт... Нигер у пролетарон 1 «Фидиуæг», 1931, №№ 10—11, 4 ф. 2 Уый дæр уым. 58
литератор, йæ фæндæгтæ æхсæдгæ чи цæуы..., ахæм фыссæг»1. Ацы ныхæстæ, сæ автор сæ куыд бæлвырд, куыд хицæнгон- дæй загъта, афтæ бæлвырд æмæ хицæнгондæй æвдисынц Ниге- ры поэтикон сфæлдыстады сæйрагдæр миниуджытæ, сæ алкæй фæстæ дæр сæ лæууы æцæгдзинад. Автор дарддæр фыста: «Нигер йæхи никæд хицæн кæны хæх- хон мæгуыр адæмæй»2. Фæлæ ам æваст йæ ныхасы хъæд фæивта æмæ цæхгæр хуы- зы расидт: «Гъе, ам ыл цалдæр азы размæ сайд æрцыди»3. Æмæ йæ хъуыды райхæлдта ахæм хуызы: «Советон хицауад куы фæуæлахиз и, уæддæр фæллойгæнæг адæмы нæу... Уымæ гæсгæ йæ фыстыты уыдис кæддæриддæр цавæрдæр æбæлвырд «мæгуыр», æвæццæгæн, уыцы мæгуыры Нигер йæхæдæг дæр ни- куы федта. Нигеры мæгуыр уыди революцийы агъоммæ бæрæг- бæлвырд, фæлæ революцийы фæстæ нал у бæлвырд»4. Бæрæг уыд, аноним цы хатдзæгмæ скъæрдта йæ хъуыды, уый. Ома, Нигер нæ бамбæрста Октябры революци, ома уый, «бынтон мæгуыр чи уыдис, уыцы фæллойгæнæг адæмы нæу». Мæгуыр чи уыд, уый уæддæр мæгуьгрæй баззад, зæгъгæ, уымæ гæсгæ — «искæмæн йæ хъæбул амард, уый Нигермæ — мæгуыр, фыййау æххуырсты базæронд, уый дæр Нигермæ — мæгуыр» /æмæ а. д., æцæг мæгуыр та, зæгъгæ, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр никуы федта, æмбарын æй хъæуы,—советон дуджы. Фæлæ чысыл дæлдæр йæхæдæг йæхи ныхмæ рацыд: «Нигер- тиæ ис ноджы стыр сахъат: йæ поэзи уыд пассивон. Ацы ран æз дзурын... йæ поэтикон куысты дæс азæн сæ астæуыл (ам дæр цæхгæр арæн,— Æ. X.). Уыцы дуджы Нигер фыста, æрмæст цы уыдта, уый, фæлæ размæ нæ касти»5. Уæлдæр та афтæ куы загъта, конкретон мæгуыры «æвæццæ- гæн... никуы федта», зæгъгæ. - Уыцы сахъат æбæрæг автор цæй аххос кодта, уый дæр загъ- та, кæд æргомæй нæ, уæддæр ын бамбарæн ис дыууынæм азты пролетлитературон критикæйы контексты, ома, «Нигер æцæг хъæууон у, æцæг гутондары зæрдæ ниудта йæ риуы»6. Пролет- литературон критикы ныхасæй та æцæг хъæууон, куыд зонæм, афтæмæй нысан кодта лыстæгбуржуазон идейæджын поэт. Афтæмæй анонимы уацмæ гæсгæ дæр æмбæрстгонд не ’рцыд; кæд æмæ Нигер йæ фæндаг нæ уыдта, уæд ма цæмæй уыд «æцæг поэт», «курдиатджын поэт», «арф поэт». Вульгарон-социологон позицитæй адон ноджы бæгънæгдæр хуызы загъдгонд æрцыдысты фæстæдæр Дзанайты Сергейы уа- 1 Фидиуæг, 1931, №№ 10—11, 29 ф. 2 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым. 4 Уый дæр уым, 29—30 ф. 6 Уын дæр уым, 30 ф. 6 Уый дæр уым. 59
цы журнал «Мах дуджы»: «Нцгер йæ лирикæйы тематикæмæ* гæсгæ дард лæууыд революциэдæ, социалистон цардмæ. Уый уы- мæн, гемæ Ницер йæ мæгуыр адæмы куынæг царды фæндæгтæ* раст нæ бамбæрста». Иæ курдиат, йæ зарджытæ, дам, «не ’вди,- сынц нæ социалистон дуджы раззаг поэты цæсгом»1. Цымыдисаг у уыцы хъуыдыты контексты Гæдиаты Цомахъьг ахаст Нигеры поэзимæ. Уый та цы цæстæй каст «мæгуырдзинад» æвдисыпы проблемæмæ поэты сфæлдыстады? Мæгуырдзинадæи Советон хицаудзинады æрлæудæй уайтагъд æнæ фесæфгæ нæ уыд, æви зазыгджыпдæр уыд хъуыддаг? Цомахъ фыста: «Нигер рæсугъд зарæгæмхæст æмдзæвгæтьг нæуæгæй* æмæ та нæуæгæй радзырдта нæ хæххон мæгуырты тыххæи, нæ сидзæрты. тыххæй, нæ мæгуыр фыййæутты тыххæй, Æхсæв зымæг дæр, фæззæг дæр цы нæ тухи бавзары ирон мæ- гуыр кусæг лæг! Кæй домы, кæмæ бахъары уæд мæгуыры са- гъæс? Агуры ахæм удгоймаг Нигер. Ис, æвæццæгæн, ахæмтæ, Нигср, фыццаджыдæр, зæгъы йæхицæй, йæхи нывондæн чи хæс- сы мæгуыр Ирыстонæн»2. Ам бæлвырдæй зыны, Цомахъ куыд аргъ кодта Нигерæн, цы цæстæй каст иæ поэтикон сфæлдыстадмæ, уый. ’Нигеры хуызы уыц уыдта, нæ нæуæг фæсизæдæй ирон поэзийы сæйраг нуарыя йæ рæз кæй хæссы курдиатджын поэт, уыцы нуаримæ баст кæк у туг æмæ стæгæй. Цомахъ куыд зæгъы, афтæмæй Нигер æвды- ста йæ заманы хæхбæсты царды реалон нывтæ, нæдæр сæ фыд- дæр кодта, нæдæр сæ уæлдай рæсугъд ахорæнтæй ахуырста. Цомахъ дæр уыцы фиппаинаг сарæзта, номхуындæй, Нигеры «поэтикон куысты дæс азæн сæ астæу». Æмткæй ахæм ахаст укд Нигеры сфæлдыстадмæ Тыбылты Алыксандрæн дæр. Алыксандры зæрдæмæ нæ фæцыд, Нигерьг сфæлдыстадæн Дзанайты Сергей куыд аргъ кодта, уый, æмæ Сергейы уац «Мах дуджы» цы номыры уыд, мыхуыр, уыцы но- мыры тыххæй рецснзи фысгæйæ, ба-фиппайдата: «Нигеры койг арæх хъæуы, æмæ Сергейау къæзгæйæ^ нæ, фæлæ н^ертон æвза- гæй. Дзанайты Сергей дзуры Иигеры уацмыстæн сæ тæмæнтыл, сæ аппыл, фæлæ ницы зæгъы сæ аивдзинады тыххæй, сæ конд, сæ фæлгонц æмæ се ’взаджы тыххæй. Уырысы загъдау, Сергей æрмæст «социализирует». Уый æгъгъæд нæу»3. Алыксандр ам «социализирует»-æй цы зæгъы, уыц, Сергеймæ^ æцæгæй, нысан кодта «вульгаризаци» кæнын, æмæ йæ сахъаг дæр уый мидæг уыд, æндæра «социалондзинады» мидæг уый- бæрц фыдбьглызæй ницы уыд. Аивадон уацмысæн аргъ кæныны хъуыддаджы социалондзи- над æгъгъæд кæй нал уыд, эстетикон аргъ дæр ма дзы кæй дом- дæуыд, уый æмбарынадмæ ирон критикæ æрцыд æртынæм азты , • / 1 «Мах дуг», 1934, ^ 1, 40 ф. 2 Газет «Хурзæрин», 1927, № 22, 3 «Фндиуæг», 1934, №№ 7—8, 128 ф. 60
æмбис, фæлæ дзы арæхсгæ нæма кодта, йæхимндæг æй нæма* сфыхта, нæма йæм уыд уыцы цæттæдзинад. Нæма уыд уьвды;1 фæлтæрддзинад Тыбылты Алыксандрæн иæхимæ дæр, æмæ кад Сергейы фаудта «æрмæст социалопдзинадæй», уæддæр йæхæдаег <дæр фылдæр-фылдæр архайдта социалон критикæйы амæлттæй. Йæ замапы ирон поэзимæ тынг критикон ахаст даргæйæ’ Алыксандр уым сæрмагондæй хицæн кодта Нигерьь поэтикон сф’æлдыстад, зынгæ бынат ын лæвæрдта ирон литературæйы: «Курдиатджын æмæ культурон фыссæг Нигерæн йæ фæд арф- дæр æмæ уæрæхдæр зыны ирон советон литературæйы. Ннгер.ы поэтикон уацмыстæ æххæст вæййынц эмоцион удæй, йæ хъуыды- тæ, йе ’нкъарæнтæ ахæм джиппы ауадзы, æмæ зæрдæйы къултз^ ньшцæзынц, адæймаджы уæнгты ахъарынц»1. Поэзийы æгъуыз/æнæуд фыст парахат куы уыд, уæд Алык- сандр Иигеры поэзийы сæрмагондæй банысап кодта, хъуаг цы’ хорздзинæдтæй æййæфтой, цы хъуамæ, райстаиккой, уый — «эмоцпои уд», зæрдæмæхъаргæ миниуæг, æмæ уый мидæг уыд,, куыд критик, афтæ йæ къæрцхъусдзинад. Рецензи цы журналы номыртыл фыста, уым Нигеры æндæр* уацмысты æмрæнхъ мыхуыр уыд йе ’мдзæвгæ — «Нæ тæрсьш æз» дæр, фыст æрцыд уыцы аз æмæ æвдисы, поэтмæ уæд цы зæрдæйы ахаст уыд, уый. Уыцы зæрдæйы уаг, уыцы æндыгъд са- гъæстæ кæрæдзийыл ахæм хуызы тыхстысты, æмæ сæм афтид, ч<социологон» критикæйы амæлттæй бавнал æвзарыпмæ, уæд сæ* бирæ ницы рауайдзæн. Иннæ алы хъуыддæгтимæ ма дзы æиæг райхалгæ, æна& бамбаргæ баззайы, сæйраг чи у, ахæм цыдæр дæр. Æмæ уымæн, æвæццæгæн, кæронмæ райхалæн æмæ бамба- рæн дæр иæй, ис ын æрмæстдæр -банкъарæн, æмæ йæ куы баи- къарай, уæд æй бамбардзынæ. Уый у хорз поэтикон уацмысы сусæгдзинад. Алыксандр æмдзæвгæ цæй руаджы æмбарын кæны, уыцы ар- гументтæй кæд афтæ зæгъæн нæй, зæгъгæ, раст не сты, æмдзæв- гæйы мидисæй нæ цæуынц æмæ æмдзæвгæйы мидис не ’ргом кæнынц, уæддæр .сты æгæр хуымæтæггонд, æгæр ординарон, уы- донæн сæ бон нæу поэтикон уацмысы хъаймагъ рахæссын, ома, æмдзæвгæ поэзийыл нымад цæмæй у, зæрдæйыл цæй руаджы’ тайы, уый равдисын. Мæнæ куыд аргъ кодта Алыксандр Нигеры æмдзæвгæйæн: «Цагъар заманы адæй^аг алцыппæтæй дæр тарсти, тынгдæр та тарстц мæлæтæй (цымæ цы хъауджы цагъар заманы? — Æ.Х.). Социализмы дуджы, социалистон бæстæйы^ сæрибар адæймагæн’ йæ «тугдадзин — æгæрон», «æгæронтыгъд — йæ зæрдæ», йæ цæ- стæнгас, йæ каст — размæ, æмæ уый тыххæй мæлæтæй нæ тæр- сы, ныфс æмæ æнхъæлцауæй’ кæсы размæ, цардмæ. Гъе уыцы хъуыддаг зæрдæйыдзаг æвдисы Нигер-йæ уацмысы. Иæ ном уы^ 1 Фидиуæг, 1934, №№ 7—8, 127 ф. 6Г
гды^уацмысæн —«Нæ тæрсын æз»1. Нигеры æмдзæвгæйы, æцæ- гаей, æндæр, куы ницы уыдаид, уæд куыд бæрзонд поэтикон аи- вады дæнцæг, афтæ йæ кой дæр нæ кæниккам. Фæлæ Нигеры æмдзæвгæ бирæхъуыддæгты ’рдыгæй у цымыдисаг. Æрмæст иу- нæг^уый дæр у рæгъмæ рахæссинаг, æмæ иугæр лирикон хъай- -тар æууæнды йæ монон æнæмæлæтыл, ома, «мæ фæд хæрз арф æмæ уæрæх Зындзæн, Ирыстон, зон, дæ риуыл, Æууæндын абон æз мæхиуыл, Æмæ мын нæй мæлæн», уæд ма афтæ удуæлдайæ цæмæн æууæндым кæны мæлæты, кæй дзы нæ тæрсы, ууыл, цы <ма нысан кæнынц утæппæт зæрдæйы тыхст æвдисæг дзырдтæ, ,цы амонынц, Ирыстонæн кæй зæгъы, уыцы ныхæстæ: Нæ дæн, нæ дæн, зæронд Ир, æз дæ-зарæг: фæстæмæ æз мæ фыны дæр нæ бырын. Кæд хаттæй-хатт ды фехъусыс мæ хъарæг, уæд-иу уый зон, æндæр мардыл фæкæуын, æндæр вæййы мæ низ, фæлæ дын æй нæ зæгъын»... Цавæр мардыл ма фæкæуы, стæй йын æй уæд зæгъгæ та цæ- уылнæ кæны? Номхуындæй йын йæ критиктæ уыцы «хъарджы- тæ», «фæстæмæ кæсын» куы дардтой йæ цæстмæ, æмæ иугæр ам автор йæхæдæг сæ кой æрæфтыдта, зæронд Иры зарæг нæ дæн, зæгъгæ, фæстæмæ нæ бырын, мæ хъарæг дæр уый тыххæй нæу, фæлæ æндæр цæйдæр тыххæй, уæд уыдон критик йæ хъусы иу- вæрсты цæмæн хъуамæ ауагътаид? Куыд нæ бацымыдис кодта, сæаххосаг цы у, уымæ, æмæ нын уыдæтты бæсты цæмæн раны- вæста уыцы иугъæдон ныхæстæ «социализмы дуджы, социали- стон бæстæйы сæрибар адæймаджы царды» тыххæй? Чи зоны, йæ вульгарон критикты мастхæссæн æгъдау зæрдыл даргæйæ, уый нæ фæндыди хъуыддаг фæкарздæр кæнын æмæ сойа?вдылд ныхасæй уымæн айсæрста поэты мæстæлгъæд æмæ судзаг рæн- хъытæ? Куыдфæнды ма уыдаид, уæддæр уый æххæст æфсоп нæ -уыд, кæд ын бамбарæи ис, уæддæр. Цымыдисаг у Алыксандры фиппаинаг, ног царды темæ Ниге- ры поэмæ «Гыцци»-йы куыд æвдыст цæуы, уый тыххæй. Поэмæ, зæгты Алыксандр, хъацæнджын у иог царды циндзинады пафо- ссгй, фæлæ «...кæддæр Данты «Зъшдон» хъацыддæр куыд рауад ’нывтæ æмæ фæлгонцтæй, æмæ йæ «Дзæнæт» та — фæлурсдæр, афтæ рацыдис Нигеры хъуыддаг дæр: зæронд цардæн уый •ссардта йæ аккаг нывтæ æмæ ныхæстæ, фæлæ ног цард æвдисы фæлурс ахорæнтæй, схематикон æгъдауæй, уый уымæн, æмæ нæ фысджытæ хаттæй-хатт ног царды процесстæн,сæ арфы нæ цæ- уынц, нæ сæ зонынц»2. Ног царды процесстæн сæ арфы нæ цæуынц, нæ сæ зонынц,— уый мидæг уыдис хъуыддагæн йæ сæйраг. Цæмæй ног царды •яроцесстæн сæ арфыты цыдаиккой, уый тыххæй сæм хъуамæ уы- .даид уьшы ног царды бакуыстгоид идейонгэстетикон концепци. 1 Фиднуæг, 1934, №№ 7—8, 128 ф. 2 Уый дæр уым. 42
Уымæн та курдиатæй дарддæр ноджы хъуыд рæстæг дæр. Зæ- ронд цард, кæнæ «Зындон» æвдисыны амæлттæй та æнустыдæр- гъы архайдтой, æмæ сын у,ый фылдæр æмæ хуыздæр фадат лæ- вæпдта. Нигеры сфæлдыстадон хъысмæт бæлвырд хъуыддæгтæй хицæн кодта, йæ алыварс чи уыд, уыцы фысджытæй. Пролетарои поэт- ты хъауджы Нигер куыста уæхскуæзæй, фæлæ-иу йæ уацмыстæ тæвдæй никуы скъæфта мыхуырмæ. Йæ фыццаг чиныг — «Æмдзæвгæтæ», зæгъгæ, мыхуыры куы рацыд, уый уыд 193& азы, уæд йе сфæлдыстадон куысты рæстæгыл цыд æнусы цып- пæрæм хайы бæрц. Гуырцæй йе ’мдзæвгæты цахъхъæн чи уыд, уыцы пролетарон поэттæ уæдмæ баисты цалдæргай чннгуыты ав- тортæ. Фæлæ йын йæ фыццаг чиныг, тагъд кæуыл нæ кодта, уый дæр стыр циндзинад бавзарын кодтаид, уый зып зæгъæп у. Уый нæ, фæлæ йæ зæрдæйы хъыгтæ хъуамæ раидыдтаиккой уымæйу . помхуындæй та чиныджы разныхасæй. Уыцьг цыбыр разныхасы" бын нæй авторы къухæзæрд, фæлæ йæ редактор уыд Бæдоаты Хъазьгбег, æмæ афтæ зæгъæп ис, зæгъгæ йæ уый ныффыста. Æнæуый дазр ыл бæрæгæй зыны, уæд Хъазыбегæн характерои чи уыд, уыцы дæрзæг ныхасы хъæд. Раздзырды æппæты разæй нысангонд æрцыд, зæгъгæ, поэт цы оæстæджы дæргъы фыста, «уыцы рæстæг. цы бирæ ивдтытæ æрцыд нæ бæстæйы политикон æмæ экономикон æгъдауæй, аф- тæ алыхуызæттæ у Нигеры æмдзæвгæты апп дæр». Йæ фæдыл загъдæуы революцийы агъоммæйы фыстыты тыххæй. Уыдонæн,, зæгъы, иумæйагæй ницы у, ницы политикон инциденттæ сæ æр- цыд, «фæлæ дарддæр,— фыста раздзырды автор,— Октябры ре- волюцийы фæстæ фыссæг ницыуал бамбæрста дуджы хъуыд- дæгтæн. Уымæ гæсгæ Нигер сагъæстыл фæци, цардмæ æмæ, ду- джы цы хъуыддæгтæ цыди, уыдонмæ каст лыстæгбуржуазон ин- теллигенты цæстæнгасæй, нациоиалистон ’хъуыдытæ дæр æм" арæх цыди. Афтæ уыди суанг 1927 азмæ». Æмæ дарддæр: «1927 азы, «Цæстытыл хуыссæг нал хæцы», зæгъгæ, куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ царды фæндаг раиртæста, зæгъгæ, афтæ зæ- гъæн ис»1. Ома, уыцы æмдзæвгæйæ Нигер къæссавæлдæхт фæ- ци. Уæлдай хорз фыстыл та йын банымадта æмдзæвгæ «Хидыл», Фæлæ, дам, «уæддæр уый зæгъын хъæуы, æмæ ирон кусæг,. колхозон æмæ фæллойгæнæг чиныгкæсæг цы домы, ахæм арф æмдзæвгæтæ нæма ныффыста Нигер социалистон арæзтадыл»2. Ахæм, идейон æгъдауæй компрометацигæнæг раздзырдимæ^ чиныг, гæнæн уыд, æмæ цæугæ дæр ма ракодтаид. Æмæ, чи зо- ны, ууыл дæр фæци хъуыдыгæиджытæ, уымæн æмæ рауагъдады номæй чиныджы къухфыстæн ахæм характеристикæ лæвæрд æр- 1 Нигер., Æмдзæвгæтæ, Орджоникидзе, 1936, 3 ф. 2 Уый дæр уым, 4 ф. 6&"
гцыд 1935 азы 1 декабры, типографимæ та йæ арвыстой 1936 азы . апрелы кæрон, ома, фондз мæйы фæстæдæр. 'Зындгонд сты, ноджы ма йын цы ’ндæр мæстытæ кодтой, уы- дон дæр. Комкоммæ дзырдхæссыны æууæл кæмæн уыд æмæ ли- тературон-критикон анализмæ чи ницы бар дардта, æхæм уацтæ бакæсæн ис поэты тыххæй уыцы азты газетты. Мамиты Гр. г^зет «Пролетарий Осетии»-йы фыста: «Ахæм фысджытæ, куыд Ко- цойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Нигер, ницы аразынц, ныр- ма уа-диссагæй ницы радтой советон чиныгкæсæгæн, нæ ньщ æз- дисынц нæ амондджын цард. Цымæ сæ цы хъыгдары, цæмæннæ сæ фæнды нæ рæсугъд райгуырæн бæстæйы амондджын цард равдисын?» А-втор фарст цы хуызы æвæрдта, уымæй бæрæг уыд йæ дзуапп дæр, ома, кæй нæмттæ ранымадта, уыцы фысджытæ •барæй не ’вдисынц нæ амондджЪш цард, нæ сæ фæнды йæ рав- дис.ын. Ахæм æнæбындур азымтæ цы стыр зиан æрхастой нæ ли- тературæйæн, уый абон зындгрнд у,— уыцы хахуырты амæттаг •фесты æнæазым фысджытæ. Нигеры бахъуыд рæстдзинадьг охыл сæрмагонд фыстæг ныффыссын оргæнтæм, æнæазым кæй уыд, уый сбæлвырд кæнын, уыимæ иумæ йын йемæ кæй раны- мадтой, уыдон дæр æнæзæрдæхудт кæй сты, хахуыр сыл кæй кæнынц, уый дæр равдисын: «Думаю, что принципы советской демократии воспринимаются неправильно, когда некоторые под- .халимы оплевывают честных работников, выдвигая против них обвинения, которые высасываются из пальцев. Такие «ультра- бдительные» люди, по-моему, в некотором отношении уподоб- ,ляются таким существам, о хоторых Крылов писал: «Услужли- вый дурак опаснее врага»1. Ахæм критиктæ сæхи тъыстой поэты бинонты царды дæр æмæ, зæгъын хъæуы, уым сын фылдæр æнтыст. Поэт йæ царда^м- балæй кæй ахицæн, уый тыххæй йæ сæ уацты æвдыстой суанг «сылгоймаджы цагъаргæнæгæй», «сылгоймаджы талынггæнæ- тæй», «сылгоймагыл гадзрахатæй цæуæгæй», контрреволюцио- нерæй: Мыхуыры оргæнтæй йæм дзырдтой, уынджы дæр зæр- дæ кæмæй хæццæ кæны, ахæм ныхæстæй, сидтысты æхсæнадмæ, цæмæй йын рахастаиккой сæ карз тæрхон. Æмæ йыл цал хатты фыстой, уал хатты та-иу Нигеры бахъуыд лыстæггай йæ бинон-' ты царды хабæрттæ æмбарынгæнæн фыстæджы фæнымайын алы инстанцитæм. Ахæм худинаджы уавæр Нигеры психи- кæйыл æндæвта æвзæрырдæм, йæхимидæг æй æхгæдта, мæстæл- гъæдæй-иу дзурын дæр нал фæрæзта. Хахуыргæнджытæ та сæ кæнон нæ уагътой: газет «Рæстдзинад» 1937 азы 24 июлы ным- мыху,ыр кодта «Дзанайты Иваны цæсгом», йæ азтор — X. А. Уæлдæр зæрдæхæццæгæнæн кæмæй загътон, фылдæр ахæм дзырдтæй нывæст. Иæ фæдыл уым ноджь^ Едзиты Цинийы уац даёр, «Ф.ысджыты цæдисы æмбырды», зæгъгæ, уый дæр уый хал- 1 Газ. «Пролетарий Осетии», 1937, 18 апрель. 2 ЦИЗИИ-йы архив, 28 фонд, 1 сфыст, 7 æвæр. иу., 10 ф. а64
дих. Уацы автор фысджыты Цæдис хуыдта либералон æмæ йæ жритикæ кодта, Нигеры хъæбæр кæй нæнæмынц, уый тыххæй: «Дзанайы-фырты æцæг цæсгом, уый цъаммар цъыфкалæн митæ кæронмæ раргом кæнынæн хъуамæ ’баххуыс кодтаид фысджы-' ты Цæдис», фæлæ уацы автор куыд зæгъы, афтæмæй Цæдисæн уый бакæнын йæ бон нæ уыд, уымæн æмæ Нигеры цы хъуыдда- гæй æфхæрдтой, уымæй азымджын уыди фысджыты Цæдисы сæрдар Боциты Барон йæхæдæг дæр, уымæн та, дам, йе ’фсии æнахуыргонд у, ницы фадæттæ, дам, ын сарæзта. Ацы фыстæг, газетæй ралыггоидæй æвæрд ис Нигеры архивы, йæ сæрмæ Ни- геры къухæй фыст: «Да, потомки, я не совершенность, но таким подлым, таким клеветником, как автор этой статьи, я не был. Да будет ему стыдно, хотя подлецы не знают, что такое стыд. Ирон»1. Ноджы уыцы газеты 1-æм августы номыры Цæгæраты Максим, Баситы Дзаххот æмæ Дзалаты Маисейы уац — «Ниге- рыл не ’мбæлы советон фыссæджы ном хæссын». Алыхуызон карз æфхæрæн ныхæсты фæстæ уыдои сæ у-ацы кæрон æрсидты- сты Ирыстоны фысджытæм: «Нæ зæрдæ дарæм Цæгат Ирысто- ны советон фысджыты Цæдисыл, кæй раргом кæндзысты Ниге- ры æцæг цæсгом. Сылгоймаджы цагъаргæнæгæн махмæ — Сове- тон Дæдисы—нæй æппындæр хатыр. Нигеры митæ сты æнаккаг митæ æмæ сын хъуамæ ахæм хуызы аргъгонд дæр æрцæуа. Уый тыххæй хъуамæ сæ ныхас зæгъой нæ фысджытæ ноджы тых- джындæрæй». Нигерæи цы йæ бон уыд, хæрамзæрдæ адæймæг- тæ,!кæрæдзййы фæдыл къордтæй, афтæмæй кæй змæстой, уыцы лакъон допы уылæнты ныхмæ! Уыцы уацæн дæр йæ быны ба- фыста: «Будущее покажет—кто подлец, кто нет. Ниг.». Стæй йæ сæрмæ та мæстджынæй: «Потомки, читайте: у вас были бди- тельные предки (бахахх æй кодта Нигер,— Æ. X.). в роде ниже- подписавшихся»2. Уыцы «цырддзаст», «ультра-цырддзаст» адæймæгтæ сау æп- дæргтау цыдысты йæ фæдыл æмæ йын йе ’нцойад сæфтой. Уыдо- нæй фервæзынæн поэт ныфс æвæрдта сомбонæй, йæ рæстдзипад ын æнæмæнгæй æмæ æххæстæй чи базыдтаид, уымæй. Мах та, фæстагæтты, фæдзæхста сæ зонынæй. Фæлæ уыдоны тыххæй кæй загътам, уый дæр æгæр уыд, æгæр стыр бынат сын нæ хъæуы дæттын, ныр та рахизæм, лпте- ратурон-критикæйы нывыл йæ ныхас чи нывæста, уыдоны фыс- тытæм. Хиуылхæцгæдæр уыд йæ уац Мамсыраты Дæбейæн, «Ниге- ры сфæлдыстад», зæгъгæ. Мыхуыр уыд «Мах дуджы» 1938 азы, №3. -Дæбе дæр фидарæй хæцыд, йæ размæйы критиктæ Нигеры сфæлдыстад цьг цæхгæр периодтыл дих кодтой, уыдоныл. Рай- ста, уыцы периодтæй алкæй дæр цы миниуджытæм гæсгæ хи- 1 ЦИЗИИ-йы архив, 28 фонд, 1 сфыст, 7 æвæр., 6 ф. 2 Уый дæр уым, 5 ф. 5 Заказ № 59 65
цæп кодтой, уыдон дæр. Æрмæст Дæбе йæ ныхдс снывæста уæ- рæх æмæ бæстондæр. Уыцы хуызы поэты сфæлдыстадон куысты фыццаг период (1913—20) нымад æрцыд поэтикон фæлварæнтæ кæнын, хи ахуыр кæныны рæстæгыл. Уыимæ иумæ империалистон æмæ мидхæсты заман поэты сфæлдыстады фиппайы фæливæнтæгæ- нæг æууæл. Поэт, зæгъгæ, «раив-баив кæны йæ хъæлæсы уаг... канд даргъ рæстæджы пæ,- фæлæ бонæй-бонмæ, сахатæй-сахат- мæ, иу æмдзæвгæ ныффыссынæй, иннæ æмдзæвгæ ныффыссын- мæ». Уыцы раив-баив кæныны хуызы критик Нигеры характеры уыдта, «дызæрдыггæнæг, дзедзыройгæнæг хъæууон рæстæмбис цæрæг Октябры революцийы’ рæстæджы цы комеди хъазыд, уый»1. Иæ иууыл хуыздæр, райдзастдæр рæстæгыл ын нымадта: 1920—22 азтæ. Уæд, дам, «Нигерæн ахаста ныфсджын зарджы- ты рæстæг»2. Фæлæ уымæй фæстæмæ æппæт дæр схæццæ, раиз- баив кодта поэты зæрдæйы уаг, куьй-иу яеррæсуг, куы та-иу но- гæй сызмæст. Уæлдай тыхст æмæ йыл уырыдæй ацыд, зæгъы критик, йæ æртыккаг период — 1922—27 азтæ. Уым «хурджын рæстæджы ^бæсты .бадынц æнгомдæр сау мигътæ, зæйтæ цæ- уынц тыхджындæрæй, дымгæ ниуы уынгæгдæр, зымæджы хъызт у карздæр, цæссыг дзы кæлы арæхдæр. Поэтæн асæтты йæ ны- хас, фенкъарддæр йæ зарæг æмæ бирæ хæттыты здæхы песси- мизммæ»3. Уыцы зæрдæйы уаг, зæрдæйы ’нкъарæнтæ уацы автор нæны- майы йæ рæстæгæн характероныл, ома, фылдæр гуырдысты ав- торæн йæхи уды хъуыддæгтæй, уыдысты рефлекстæ. Æмдзæвгæ «Дæу цы домы»-йыл дзургæйæ бафиппайдта, зæгъгæ, уыдаид,, чи зоны, ахæм хабæрттæ, фæлæ хъуамæ «фыссæг æвдиса царды типикон фæзындтæ типикон уавæрты». Дæбе реализмы тыххæй Энгельсы ныхæстæ сфæлхат кæнгæйæ, лæмбынæг нæ ныккаст æмдзæвгæйы мидисмæ, нæ бахынцта уацмысы сатирикон сти- лыздæхт: НЭП-ы рæстæджъг фæрæзджынтæ сæхицæн хъарм цард кæй кодтой, хохьг цъассы та ма адæм гæвзыкк кæй уыды- сты, Нигер йæ рæстæджы царды уыцы контраст йæ цыргъ сисы, бырынкъæй хурмæ кæй хаста, уый. Лирикон хъайтары ныхас арæзт у чиныгкæсæджы лæгуарзон зæрдæмæ, уым гуманистош æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынмæ, тызмæг заман цæмæй ма сфæ- лахс уа, ма схицæн уа хорз ракæнынмæ тырнынæй. Мæ хъуыды- мæ гæсгæ ацы æмдзæвгæйы Нигер равдыста, иомхуындæй, цар- дæн йе ’цæг типикон миниуæг. Æмдзæвгæйæн йæ ныффыссыны рæстæг йæ зæрдыл хор$ дардта Дзесты Куыдзæг. Уый бирæ азты фæстæ газет «Рæстд^зи- 1 «Мах дуг», 1938, № 3, '31 ф. 2 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым, 32 ф. 4^Уый дæр уым. 60
над»-ы йæ мысинæгтæ уый тыххæй фыста: «Цин кодта Иван, хо- хæгтæ быдыры хуымзæхх æмæ цæрæнуат кæй райстой, ууыл, фæлæ уыдонæн сæ фылдæр нырма хæхты цардысты æмæ уым та, раджыйау, æвадат æмæ кадавар уыд цард. Горæтты та фæ- зындысты (НЭП-ы рæстæджы), Иван «тæнджынтæ» кæй хуьгд- та — сæудæджергæнджытæ æмæ æндæр ахæмтæ æмæ сыл йæ -азар бакалдта: Ды цы уыныс, дæу цы домы: галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг, къух нæ атулдзынæ доны... Суг дын — ласт, хæринаг — афтæ. Гауызтæ... дари... бæмбæг... Æмдзæвгæ фыццаг хатт мыхуыры фæзынд 1927 азы (фыст та бирæ раздæр уыд). Адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцьгд, æмæ йæ айстой дзыхæй-дзыхмæ, уæлдаидæр та, литературæйы куыст чи кодта, уыдон»1. Афтæ, уæдæ Нигеры æмдзæвгæ фæзынд царды бæрæг-бæл- вырд фадæтты ссадвæдыл, дзуапп лæв^ердта йæ рæстæгæн. Дæбе йæ уацы сæрмагондæй фыста, Нигер мæгуырдзинад цы хуызы æвдыста, уый тыххæй. Нигеры мæгуыр лæджы фæлгонц абарста Къостайы сфæлдыстады мæгуыры фæлгомцимæ æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Къостайы хъайтартæ æххæст сТы историон оптимиз^æй, уыдоны социалон æфхæрд куынæг эæ, фæлæ разæнгард кæны цардмæ. Уый уыд фæллойгæнæджы фæлгонц æвдисыны революцион демократты анвадон принцип. Цигермæ та,зæгъы, мæгуырдзинад у æдзухон, нæ дзьГ ирзæзы. Æмæ афæлвæрдта, йæ аххосаг цæй мидæг уыд, уый ссарын. Дæ- бе исдуг лæууыд ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, Нигермæ мæгуьгр- дзинады мотивтæ фæзынди НЭПы заман, нæ бамбæрста, зæгъ- гæ, партийы ног экономикон политикæ, афтæ, дам, фенхъæлдта, фæстæмæ та хъæздыджыты рæстæг ныллæууыд. Загъта ноджы, хæхбæсты зынвадат цард нырма уæддæр горæтты цардимæ абаргæйæ тьгнг уæззау кæй уыд æмæ уый йæ фæд кæй уагъта лоэты сфæлдыстадыл. Æппæт уыдонæн алы бæрцæй æмæ алы хуызты, æцæгæй дæр, бынат уыд поэты сфæлдыстады, фæлæ ууыл нæ ныллæууыд критик, аххосæгтæ агуырдта воджы поэ- тæн йæхи удыконды дæр, цыма уыдон поэтæн йæ сæрмагонд удыхъæды æвзæргæ уыдысты, йæ зæрдæйы конд цы хуызæн уыд, уыцы хуызæнæй уыдта, зæгъгæ, йæ алфамблай дæр. Уый тых- хæй критик йæ ныхас загъта ахæм хуызы: ’ «Алчи дæр зоны, фыссæг æрдзы нывтæ фотографы хуызæн кæй нæ исы, æрдзы нывты фыссæг йе сфæлдыстадон хъуыдытæ ! кæй хæццæ кæны арфдæр, йæ хъуыдытæ цьг хуызæн уой, уыдон мыггаг кæй исы æрдзы нывтæ дæр æмæ, Нигер æрдзы нывтæ афтæ кæй исьг, уы- мæн, æцæг хæхты æрдз карз вæййьг, зæгъгæ, уымæй бамбарæн кæй нæй, фæлæ сæ агурын кæй хъæуы, фыссæджы зæрдæйы уаг цы хуызæн уьгдис, уый мидæг». Æмæ дарддæр: «Фæлæ тарст, 1 «Рæстдзинад», 1976, 17 ноябрь. 67
æнкъард зæрдæ æрмæст æрдзы нывтæ нæ уыны уыцы æнтъыс- нæг хуызы. Æппæт дæр йæ цæстытыл уайы тарст хуызæй, та- лынг ахорæнæй конд нывтæй: уый агуры, йæ зæрдæйы уаг куыд у, уымæ гæсгæ цæссыгтæ, хъуысы йæм кæуьтн, дзыназын. Уыцы цæссыгтæ уæды рæстæгæй къаддæр никуы уыдысты, фæлæ æцæгдзинад иуварс фæуадзгæйæ, поэт цæссыгты, кæуыны, дзы- назыны кой скодта æстдæс æмдзæвгæйы»1. Цыбыр дзырдæй, * Дæбемæ гæсгæ Нигеры æнкъарддзинад, мæгуырдзипады æнкъарæн цыдис йæхи удæй, уыд йæ туджы, цардæй йæ нæ иста, фæлæ йæ йæхæдæг цардмæ хаста, æмæ зæ- гъы: «Химидæг анæуыны хъуыддаг, хи хъуыдыты тыхсындзинад фадат нæ радтой Нигерæн уыцы рæстæджы цардмæ объективон цæстæй акæсынæн, дуджы цьгстыр ивдтытæ æрцыд æмæ æхсæ- нады размæ цы стыр фарстатæ лæууыд, уыдон бамбарынæн æмæ нæ рахызтис стыр тематикæмæ, стыр хъуыдытæ равдисынмæ. Уымæ гæсгæ йе сфæлдыстад баззадис дуджы домæнтæй фæс- тоз»2. Фæлæ уæддæр цæмæн афтæ уыди Нигер, цæмæн «ацыд йæ- химидæг», уымæн хъуыдис дзуапп раттын. Уый иудадзыг йæ удыхъæды æрдзон миниуæг куы уыдаид, уæд ма дзы афтæ та цæмæи загъта, зæгъгæ, ног фæндагмæ куы рахызт, уæд «цард бацыд уыцы тыхджынæй йе сфæлдыстады, æмæ йын радта бирæ сфæлдыстадон мадзæлттæ»3. Ацы ныхæстæ ууыл дзурæг сты, æмæ йе ’рхуымæн, йе ’нкъарддзинадæн уыд бæрæг рæстæджы бæрæг аххосæгтæ. Нигер ног цардмæ йе ’ргом аздæхта, зæгъгæ, уыцы хъуыды критик зæгъы, йе сфæлдыстады тематикæ кæй фæуæрæхдæр, сæрмагондæй, Хъулгъа, Испан, стæй Сёрго Орджоникидзейы амæлæты тыххæй æмдзæвгæтæ кæй ныффыста, уый бындурыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, тематикæ дæр исты мары, фæлæ дзырд фыссæджы идейок-эстетикон цæстæнгасы рæзтыл, ам та — сæ фæзнлæн моментыл — куы цæуа, уæд уым сæйраг, скъуыддзаг- гæнæг пысаииуæг нæ уыдзæн тематикæйæн, тематикæйы разæй уал банысан кæнын хъæуы, цы аххосæгтæм гæсгæ, цæй фæрцы рахызт уыцы тематикæмæ, цы йæ æркодта уымæ, уый. Темати- кæ хицæнæй хъуыддаг лыггæнæг нæу, сæйраг у фыссæджы ду- неæмбарынадон ахаст, цардон-дзыллон концепци. Уымæ гæсгæ нæ уыд раст йæ уыцы хъуыды, зæгъгæ: «Нигеры поэзи йæхицæн темæтæ нал агуры фыссæгæн йæхи мидæг, йæхи зæрдæйы, фæ- лæ сæ агуры дунейы къабæзты алы ран дæр... уый йын фадат фадта йæ лыстæгбуржуазон индивидуалон хъузгæй ’рабыры- нæн»4. Афтæмæй Нигеры сфæлдыстады идейон-эстетикон ’ вазыг- 1 «Мах дуг», 1938, № 3, 34 ф. 2 Уый дæр уым, 35 ф. 3 Уый дæр уым, 36 ф. 4 Уый дæр уым, 37 ф. 68
джын цæстæнгас æвдыст æрцыд йæ индивидуалон поэтикон æу- уæлтæ æмæ æхсæнадон ахастыты æмиудзинады нæ, фæлæ хи- цæнтæй, кæрæдзийæ иппæрдæй, механикон хуызы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы азты ирон критиктæ Ниге- рæй цы æмæ куыд домдтой, уымæ-иу йæхæдæг дæр хаттæй- хатт æнæрыхъусгæ нæ фæци, райста-иу сæ, ацыдис-иу сæ фæн- ды’л. Ахæм уавæрты фæзындысты йæ иуæй-иу лæмæгъ, схемæ- тæм гæсгæ фыст æмдзæвгæтæ. Уыдонæй иу у «Ног Хъуыбады». Нигер Къостайы катайаг хъысмæты хицау, хъеллауаг фæндыр- дзæгъдæг Хъуыбадыйы’равдыста ног заманы цæргæйæ, скодта йын амондджын кæрон: «Фæскуыст фæзары... Изæрыгæтты Кæ- сы газеттæ, йе клубы бады». Фæлæ уымæй Нигеры Хъуыбадыйы фæлгонц хъæздыгдæр нæ ^фæцй — нæдæр аивадон æгъдауæй, нæдæр царды мидисæй, кæд ын амондджын кæрон скодта, уæд- дæр. Литературон критикæйы критериты æмвæзад æвдисæн у, канд æмткæй литературæйы рæзты æмвæзадæн нæ, фæлæ ма эстетикон культурæйы æмвæзадæн дæр. Уый у-æлдай рельефо- нæй зыны банысангонд рæстæджы ирон литературæйы цæвитто- нæй. Аивадон сфæлдыстад æмæ культурæйы процессы хъуагдзи- нæдтæ цæй мидæг æмæ цы хуызæн уыдысты, афтæ уыдысты ли- тературон критикæйы хъæнтæ æмæ цухдзинæдтæ дæр. Нæма уыд бакуыстгонд иууон марксистон-ленинон методологи литера- турон критикæйæн, нæма уыд йæ бон царды æмæ литературæйы фактты бындурыл баиугонд хатдзæгтæ аразын. Уымæ гæсгæ йæм æмхиц уыд вульгарон социологизм, эмпиризм. Иигер йæхæдæг, йæ’рæстæг æмæ йæ йæ хъарутæ цæйбæрц амыдтой, уымæй уыд уыдон ныхмæ тохгæнæг. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ алцæмæй æххæст æмæ æнæлаз уыд Нигеры критикон цæстæнгас йæ рæстæджы ирон фысджыты сфæлдыстадмæ, йæ заманы дамгъæ ууыл дæр зынд. Фæлæ Нигер-поэт йе сфæлды- стады цард æмæ адæймаджы уды диалектикæ арф æмæ æн- дыгъдæй æвдисынмæ арæзт кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ критикон уацты дæр домдта уый, йæ критикон уацтæ дæр арæзт уыды- сты уыцы æцæгдзинад æвдисынмæ. Æндæр ^ъуыддæгтимæ иумæ уыцы миниуæгæй цымыдисаг сты йæ уацтæ — «Хæдмæл хъаст» æви «хæдмæл критик», кæнæ та æндæр исты», «Дзесты Куыдзæджы «Хæхтыл» æмæ «Боциты Бароны сфæлдыстады тыххæй». Фыццаг фыст æрцыд, Доцоты Дудар газет «Рæстдзинад»-ы цы уац иыммыхуыр кодта—«Хæд- мæл хъаст», «Дзесты Куыдзæджы радзырдыл дыууæ ныхас’ы», зæгъгæ, уый тыххæй. Автор азымы дардта Куыдзæджы, нæ за- _водтæ æмæ фабриктæ куыд тагъд рæзынц, уый афтæ нæ рæзы, зæгъгæ. Нигер йæ ныхас райдыдта, критикæ цахæм^хъуамæ уа, уы- ’мæй: «Критикæ тынг æхсызгон хъуыддаг кæй у, уый дзырддаг нæу,— фыста уый,— æз дæр ыл нæ дзурын, фæлæ критикæ хорз уæд у, пайда уæд у, æмæ уагыл куы уа. Æгъдау æмæ уагьгл та ,59
уæд уыдзæн, æмæ критик диалектикон-материалистон методоло- гийæ ифтыгъд куы уа, æххæст куы уа, нæ дуг —ст.ыр дуг — цас домы, уыйбæрц æм ахуырдзинад куы уа, аивад циу, уый куы зо- на, уый куы ’мбара, аив литературæйæн йе спецификæ цы у æмæ литературон уацмыс æвзарынмæ чердыгæй бацæуын хъæ- уы, уый куы зона, уæд»1. Доцойы-фырты уацы Нигер уыцы миниуджытæй ницы федта^ уымæн æмæ дзы нæ уыдысты. Цьг у аивадон рæстдзинад уацмы- сы мидæг æмæ цæмæй хицæн кæны царды рæстдзинадæй, ома^, цы у аивадон уацмыс, уый нæ бам’бæрста Куыдзæ^жы критик^ афтæмæй йын йæхи тæрхонгæыæджы бынаты æрæвæрдта. Доцойы-фырт йæ уацы аивадон уацмысы спецификæйы тых- хæй фыста: «Махæй домы цард царды хуыз æцæг хуызы æв- дисын радзырдæй, кæцы ахсы историкон архивы мидæг æцæг документы бынат, уый йедтæмæ ныхæстæ фантастикон æгъда- уæй рагон таурæгътæ æмæ кадджытæй фылдæр кæм уыд». Ома„ аивадон уацмыс хъуамæ бæрæг-бæлвырæй æвдиса, историонха- бар царды цыдæриддæрхуызонæй æрцыд, уыЦы хуызæнæй, æн- дæр дзырдтæй та, фыссæджы хъуыды æмæ зæрдæ аивадон уац- мысы хъуамæ усш пассивон, фыссæг ма хъуамæ хæсса цардьг æрцæуæг хабæртты тыххæй, адæймаджы архайды тыххæй йæ° тæрхон. Нигер ын дзуапп радта: «Доцойы-фырт фыссы «царды хуыз^ æцæг хуызы æвдисыны» тыххæй, æвæццæгæн æй фæнды реализ- мы тыххæй зæгъын, 6)æлæ реализм куыд æмбаргæ у, уый хорз нæ зоны. Хъуыддаг афтæ у, æмæ фыссæг фотограф нæу, аив; фыст та фотографион хуызист. Цæмæй æцæгдзинад сфæлдыста- ды уагæй равдиса фыссæг, уый тыххæй йæ хъæуы сфæлдыста- дон фантазийы сæр. Уымæ гæсгæ кæд Куыдзæг йæ радзырды... ахæм нывтæ бакодта, Доцойы-фырт кæй нæ федта, цы идейæ- равдисынмæ хъавыд, уымæн та æххуыс сты (уыцы идейæмæ та фау нæй),— уæд Куыдзæгмæ аххосагæй æппындæр ницы ис»2. Уый зæгъæг у Дзесты Куыдзæджы тыххæй йæ иннæ уацы дæр «Дзесты Куыдзæг. «Хæхтыл», зæгъгæ> Йæ хуыздæр ми- ыиуæгыл ын нымайы — «тынг хорз зоны ирон адæмы цард — Хуссарæй, Цæгатæй, ивгъуыд цард дæр æмæ ног цард дæр»3. Номхуындæй, уыцы ирон-адæмы цард хорз зонынæй æвзæр- гæ уыдысты Куыдзæджы прозæйы реализмы суадæттæ. Царды æцæгдзинад реалистон æгъдауæй æвдисын хъæуы, зæгъгæ, уыцы хъуыдытыл арæхдæр æмбæлæм Нигеры критикон уацты 30-æм азты дыккаг æмбисы. Ууыл дзуры, æгæрыстæмæй, сывæллæттæн фыст уацмыстæ æвзаргæйæ дæр. Сывæллæттæн фыст уацмысты, зæгъгæ, алы детал дæр хъуамæ уа уырнинаг^ куыд текстты, афтæ нывты мидæг дæр. 1 Рæстдзинад, 1934, 26 июнь. 2 Уый дæр уым. 3 «Мах дуг», 1934, № 1, 54 ф. *70
Реализмы критеритæ сты йæ барæнтæ, Боциты Бароны сфа\л- дыстадæн кæм аргъ кæны, уыцьгуацты дæр. Нигер æмткæй раст уыд, Бароны поэзийæн йæ сæйраг хъæндзинадыл декларативон- дзинад кæй нымадта, уымæй. Критик фыста: «Аив литературæ архайы нывтæй, аразы нывтæ, æмæ уыцы нывтæн сæхи мидæг вæййы, поэт цы фæзæгъинаг вæййы, уый. Зæгъæм: Хетæгкаты Къоста йе ’мдзæвгæ «Сидзæргæс»-ы иу ран дæр никуы загъта, хидзæргæстæ æмæ сидзæртæ тæригъæд сты, зæгъгæ, кæнæ сæ сæрыл тох самайын хъæуы, уый дæр. Фæлæ кæсджытæй чи нæ нырризы сидзæргæс æмæ сидзæрты тæригъæдæй»1. Нысаныл æ,мбæлгæ æмæ пайда уыд ахæм фиппаинаг, уæл- дайдæр уыцы рæстæджы, поэтикон аив дзырд хус, æнæуд ныха- сæй куы ивтой, уæд. Фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы уый,*æмæ уыцы иу барæнæй нæ хъуыд барын Боциты Бароньг сфæлдыстад. Уыдис æм, рахи- цæн. кæнын кæй хъуыд йе ’ппæт уацмыстæй, ахæм æмдзæвгæтæ. Уый руаджы сæ автор бамбæрстаид, кæцы фæндагыл æй цæ- уын хъæуы, цы йæм ис хорзæй æмæ йæм цы ис æвзæрæй, фауи- нагæй, уый. Æнкъарæнты драматизм æмæ нывты аивдзинадæй хицæн кæны йæ иннæ æмдзæвгæтьг ’хсæн — «Сау къæвда». Бæрæг дзы у поэты индивидуалон райдайæн, уый йын дæтты зæрдæйыл æм- бæлгæ элегион ахаст. Цы аивадон амæлттæй фыст у, уыдонæй дарддæр 1ын йæ мидис, йе ’нкъарæнты психологийæ дæр хæстæг лæууы Нигерæн йæхи æмдзæвгæ «Дæу цы домы»-мæ: Сау къæвда сау мигътæй уары, сау хæхтæй рахæссы сыг, бирæйы зæрдæ фæзары, бирæ та райдайы хъыг. Зонын, дзæбæх къуым кæмæн ис,— бамбæхсдзæ’н къæвдайæ арф. Зонын, мæгуырыл кæудзæнис уæлдæфæй, ниугæ, йæ арв. Хохы та афонмæ уайы лæзгъæрты астæуты дон. Хæдзары хуыггомæй найы сидзæрты ала цæсгом. Æцæгæй дæр, ацы æмдзæвгæйыл конкретон хъуыйдæгтæй Нигеры æндæвдад кæй ис, уый дызæрдыггаг нæу. Æмæ уый ба- нысан кæнын, чи зоны, æмæ æмбæлд, фæлæ йæ «политикон рæ- дыдтытæй» æнæхъуаджы азым кодта. . Критик сæрмагондæй æрлæууыд Бароны роман «Саст рæ- хыс»-ыл. Прозæйы жанры чи куыста, уыцы фысджыты раз Нигер æвæрдта ахæм хæс, цæмæй сæм уыдаид «бирæ фенындзинад, би- рæ зонындзинад, бирæ бафæллой кæнын»2. Æнæ уыдон нæй 1 Мах дуг, 1938, №№ 5—6, 41 ф. 2 «Мах дуг», 1934, № 1, 54 ф. ^ 71
фыссæи æцæг прозæ, уæлдайдæр та рбман. «Роман домы, ’цæ- мæй фыссæг цард хорз зона, царды нывтæй йæм иттæг ’бирæ- æвæрæнтæ уа...»1. Бароны ромаи Нигермæ цымыдис æвзæрын кæны, «типикон адæм, типикон æгъдæуттæ, типикон фæзындтæ»2 æвдисы,æви иæ, уымæй. Æмæ йæ тæрхои уыд цæхгæр: не ’вдисы. Уый фип- пайды архайджыты ахасты, ома цы уавæрты, цы ’хсæнадон-со- циалон æмæ национ традициты хъæбысы хъомыл кодтой, уымæ гæсгæ нæу сæ архайд, сæ психологи, сæ кæрæдзимæ æмæ сын цардмæ цы ахаст уыд, уый: «Цавæр бинонтæ сты Цæлыччыби- нонтæ,— фæрсы Нигер,— куы нæ дзы хистæр бæрæг ис, куы нæ кæстæр!? Чи зоны, иу хъæуы кæнæ иу бинонты ’хсæн ис ахæм æгъдæуттæ, фæлæ литературæ, куыд загътон, афтæмæй хъуамæ æвдиса, типикон чи у æмæ цы у, уый»3. Нигер йæ фиппаинаг арæзта романы хицæн архайджыты тыххæй, æмæ иæ хъуыды нæ загъта æмткæй уацмысы фæдылг> уымæн æмæ, дам, нырма фæуд нæу, фæлæ йæ нысан амыдта уырдæм, уацмысы идейон-аивадон апмæ, уацмысы сæ’праг кол- лизи æмæ ууыл баст хъуыддæгты психологон рæстдзинад ис æви нæ, зæгъгæ, уымæ. \- * * * 30-æм азты ирон литературон фронты иумæйаг литературон хъуыддæгтæй дарддæр ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ цы дискусси- гæ цыд, уыдон-цу сæ сæрыл рахастой алыхуызон фарстатæ^ проблемæтæ. Уыдон литературон процессы хъаймагъ бæрæггæ- лæг нæ уыдысты, фæлæ йæ æвдыстой иу кæнæ иннæрдыгæй, æх- ’хæст æй кодтой сæхирдыгонау. Ахæм фарстатæй сæрмагонд, хуыз райстой æмæ ныхасы аккаг систы дыууæ: тæлмацы аивад, стæй формализм æмæ натурализмы фарст. Æндæр æвзæгтæй тæлмац кæныны фæлтæрддзинад ирон ли- тературæмæ уыд сæрысуангæй, сæйрагдæр жанртæ нæм национ’ бындурыл æвæрд куы/рцыдысты, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ уый зонадон æгъдауæй æвæрд æрцыд фыццаг хатт æртынæм азты. 1934 азы «Рæстдзинад»-ы 14 майы номыры рацыд Дойатьг Саханджерийы уац «Тæлмац кæныны æгъдæуттæ æмæ æвза- джьг тыххæй». Саханджер,и тæлмацгæнджыты сæ куыстмæ гæс- гæ дих кодта дыууæ къордыл: «Уæгъдибарæй ивджытæ æмæ æндæр æвзагæй дзырдæй-дзырдмæ чи ивы», уыдоныл. Фыццаг къорды зынгæдæр минæварыл автор нымайы Зæн- джиаты Бæбуйы. Уымæн тынг стыр аргъ кæны, йе ’взаг ын ханЬг аив, йæ тæлмацтæ адæймаг кæсынæй не ’фсæды^ зæгъгæ. Ф&лæ- бафиппайдта: «Йрон æвзагмæ ивыны куысты Бæбу цы методыл- 1 «М&х дуг», 1938, №№> 5—6, 43 ф. 2 Уый дæр уым. 3 Уый дæр уым. 72
хæст у, ууыл кæронмæ сразы уæвæн нæй. Уæлдайдæр æвзаджы аивдзинад равди^ынмæ тырнгæйЗе, тексты хицæн хæйттæ, хицæн ныхæстæ нæхи царды фадæттæм гæсгæ аразгæйæ, Бæбу тынг адард вæййы авторы текстæй»1. Йннæ къорды тæлмацгæнджыты тыххæй та загъта, зæгъгæ, текст дзырдæй-дзырдмæ кæй ивынц, уый йæ кæны гуылмыз, зынæмбарæн, хъуыдыйæдтæ ирбнау нал вæййынц. Фæлæ йын йæ хорздзипад уый мидæг уыны, æмæ, дам, уый оригиналмæ хæ- стæгдæр у. Куыд зыны, афтæмæй дзырд æрцыд аив литературæ тæлмац кæныны сæйрагдæр моменттыл. Саханджери идеалокыл нымад- та тæлмацы дæсныйады уæлдæр загъдгонд дыууæ’хуызæй æм- хуызон пайда кæнын, уыйадыл фыста- «Ирон æвзагмæ ивджыты уæлдæр цы дыууæ къордыл адихкодтам, дыууæ къорды цы хи- цæи хуыз дыууæ принципыл хæст сты, уыдон иумæ сфидар кæ- нын хъæуы, кæрæдзимæ сæ æрбахæстæг хъæуы. Ивинаг æрмæг æмæ ивд æрмæджы апп хъуамæ уа уыцы иу. Йвæгæн йæ бон нæу, текстыл йæхицæй истытæ æфтауа, фæлæ фырбæлвырд ив- дæй авторы хъуыдытæн бамбарæн дæр куыпæуал уа, ирон æвза- гæи йæ уаг хæлд куы цæуа, тыхми йыи куы цæуа, ивд æрмæгыл уыциу-уыциуты хуызæн бирае хъуыды кæнын куы хъæуа, уæд нæ фæллой дзæгъæл сæфт у»2. Раст уыдысты Саханджерийы хъуыдытæ, фæлæ аивадон ли- тературæ тæлмац кæныны сæйраг хъуыддаг у авторы хæдхуыз, сæрмагонд стиль бахъахъхъæнын, æмæ йæм уый кой нæма уыд. ч Цымыдисаг уыд, Саханджерийы «уацæн Бæбу йæхæдæг цы дзуапп радта, уый дæр. Бæбу дæр аив тæлмацæн йæ хуыздæр миниуæгыл нымайы «æнцон æмбарындзинад», уый куы нæ уа, уæд, зæгъы, «ницы дзуры зондæн дæр æмæ зæрдæйæн дæр»3. Фæлæ Бæбуйы тæлмац кæныны принцйпы уыд иу быцæуаг хабар, афтæ кæй зæгъы, æндæр æвзагæй цьг уацмыс ивæм, уый хъуамæ бынтондæр сирон уа: «Уырыссаг лæджы ирон хуызы равдисынмæ куы хъавай, уæд ын йæ къепкæтæ-йедтæ аппарын хъæуы æмæ йын ирон худ, ирон дзаума скæнын хъæуы, сыгъ- дæг ирон лæгæй куыд агæпп ласа, афтæ. Æцæг ын йæ цæсгом æмæ йæ буармæ æвналын нæ хъæуы; афтæ хъæуы кæнын тæл- мацгæнæджы.дæр, сыгъдæг иронау цæмæй рауайа, .уый тых- хæй»4. Абарст нæм æххæст раст нæ кæсы, формæ æмæ мидисы иу- дзинад дзы кæмдæр хæлд цæуы, стæй æгæр уæгъдибар архайд- мæ сиды. Фæлæ уый Бæбуйæн, куыд тæлмацгæнæгæн, афтæ уыд йæ сæрмагонд принцип: «Аив литературæкæддæриддæр тæлмац 1 «Рæстдзинад», 1934, 14 май. 2 Уый дæр уым. 8* «Рæстдзинад», 1934, 21 апрель. 4 Уый дæр уым. 73
кæнын хъæуы уæгъдибарæй»1* Афтæ, дам, кодта Къоста дæр; афтæ кодта Цоцкъо дæр. Уый тыххæй æрхаста ахæм цæвиттон: «Тæлмац кæнын хъæуы афтæ, æмæ кæй фыст тæлмац кæнаи, чи фæнды уæд, хъауджыдæр нæй (Толстой, Горький), уыдон ирон куы уыдаиккой, уæд цымæ сæ хъуыдытæ цы хуызы дзырдтаик- кой»2. Уыцы принцип нæу æххæст раст уымæй, æмæ нæ хынцы, йæ разы нысанæн не ’вæры, цы уацмыс, цы авторы ивай, уый æппæт хæдхуыз рахæссын. Сæрибар тæлмацы ахæм принцип фьглдæр характерон вæййы национ литературæйы рæзты райдиан рæстæ- джытæн.’Уæд сæйраг хъуыддагыл нымад нæма фæцæуынц, кæй ивынц, уыцы авторы дæсныйады алыхуызон мадзæлттæ, фыл- дæр хъусдард здæхт фæцæуы.хи æвзаг æмæ культурæйы æууæл- тæм, ома, уацмыс хъуамæ дзуапп дæтта алцыппæтæй дæр, кæ- дæм æй ивынц, уыцы æвзаг ,æмæ культурæйы домæнтæн. Хъуа- мæ скæна, ивд цы æвзагмæ цæуы, уый дарæс, райса уый æгъ- дæуттæ, æмбæрстгонд уа, æндæр культурон фалдзусы чи схъо- мыл, уыцы чиныгкæсджытæн. Ахæм тæлмац, ома, сæрибар тæлмац, иууыл хорзыл нæ ны- мадта Уалыты Димитр дæр йæ уацы «Хуссар Ирыстоны аив ли- тературæйæ æндæр æвзæгтæм ратæлмацы тыххæй». Ам автор дзуры ирон æвзагмæ ивыны æгъдæуттыл нæ, фæлæ иронарй æн- дæр æвзагмæ ивыныл. Димитр растыл нæ банымадта, гуырдзиаг æвзагмæ ирон фысджыты уацмыстæ раивæг Къасрадзе Дауиты метод, .уый «...сæрибар тæлмацы руаджы нæ бафæрæзта ирон æмдзæвгæйы рæсугъддзинад раивын. Ранæй-рæтты сæ гъæд дæр фæныллæг кодта иуæй-иу æмдзæвгæтæн (Хетæгкаты Къостайы —«Мæгуы- ры зæрдæ», «Фесæф», «Ныстуан», Хъуылаты Созырыхъойы — «Тотырадзы зарæг»). Плиты Харитъоны рæсугъд поэмæ «Сæли- мæт»-мæ тæлмацгæнæг бахаста йæхи «нывæфтыд» дзырдтæ æмæ уымæй поэмæ хъæздыгдæр нæ фæци, фæлæ ныллæгдæр... Иу зондзонæн райсын хъæуы ацы æмбырдгонды тæлмацæй: æнæ- мæнг дæр бирæ хуыздæр у, тæлмацгæнæг куы ныххæца сæрибар тæлмацы методыл нæ, фæлæ адекватон тæлмацы методыл. Тæл- мацы мидæг раттын хъæуы канд æмдзæвгæйы бæстон дарæс нæ, фæлæ йæ эмоцион нывæфтыддзинад дæр. Дыккаг зондзонæн уы- дзæн уый, æмæ тæлмацгæнæг хъуамæ хорз зона, цы ’взагæй тæл- мац кæны æмæ цы ’взагмæ тæлмац кæны, уыдон... «Осури мцъе- рлоба»-йы тæлмацгæнæгцух уыд, уæлдæр цы зондзонæнтæ загъ- тон, уыдонæй»3. Димитр æмæ иннæты ныхасы дæр цы раст хъуыдытæ æрцыд загъд тæлмацы аивады фæдыл, уыдон бæззынц абон дæр, зонд- зоиæн сты нæ тæлмацгæнджытæи. 1 «Рæстдзинад»,, 1934, 21 апрель. 2 Уый дæр уым. 3 «Фидиуæг», 1935, №№ 5—6, 63 ф. 71
Аивады формализм æмæ натурализмы тыххæй сæрмагонд мыхуыр уацтæ нæ фæзынд ирон периодикæйы, фæлæ сыл фыс- джыты æмбырдты дискуссийы хуызьг арæх цыди ныхас. Уыцы фарста уæд æмткæй советон литературæйы боны фæткы æвæрд- той алы ран дæр. Сæрмагондæй йыл ныхас цыд Хуссар Ирысто- ны паддзахадон педагогон институты студенттæ, ахуыргæнджы- тæ æмæ фысджыты иумæйаг æмбырды. Уыцы æмбырды формализмы тыххæй ныхас кодта Беджыза- ты Чермен. Уый банысан кодта, зæгъгæ. аивад хъуамæ уа реа- листон, ома æвдиса царды рæстдзинад. Уый фæдыл газет «Ком- мунист»-ы мыхуыргонд уацы куыд амындæуыд, афтæмæй ирон литературæйы формалистон уацмыстыл нымад цыдысты Фæр- нионы æмдзæвгæ —«Пушкинæн», Куыдзæджы радзырд —«Бю- рократ» æмæ æнд. Раст зæгъгæйæ, уыдоны мидæг формалисто- нæй ницы уыд. Натурализмы тыххæй æмбырды ныхас кодта Тыбылты Алык- сандр. Уый бафиппайдта, зæгъгæ, нæ литературæйы формализм уыйбæрц нæй, натурализм дзы цас ис. Алыксандр раст банымадта натуралистон фыстыл Коцойты Арсены радзырд «Цы ’рцыди Фæзы хъæуы». Æртынæм азты ирон литературон критикæ йæ хуыздæр ми- нæвæртты — Гæдиаты Цомахъы (æппæты райдиан), Тыбылты Алыксандры, Нигеры руаджы литературæйы хицæн факттæй цæ- уын байдыдта баиугонд хатдзæгтæм, царды æцæгдзинад реали- стон æгъдауæй æвдисыны домæнмæ, кæд нырма литературон фæзындтæн аргъ кæныны фылдæр-фылдæр^æнцой кодтой социа- лондзинадыл, уæддæр хæстæг уыд æцæг реалистон-аналитикон критикæйы хъаймагъ — аивадон уацмысæн социалон æмæ эсте- тикон æгъдауæй иумæ аргъ кæнынмæ. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы хъуыддаг цæмæй æнтысгæйæ ацыдаид, уымæн фæзынд цæхгæр ныхдуртæ: уæз;зау низ æнафоны ахаста цардæй Цомахъы, Ты- бьтлты Алыксандр нæ литературæ æмæ культурæйы иннæ кус- джытæй бирæтимæ æнаххосæй бабын — цы политикон цъыфка- лæнтæ йыл фæкодтой хæрамзæрдæ адæймæгтæ, уыдон бакодтой сæхиуон. Нигер ма кæд цæргæйæ баззад, уæддæр йæ литерату- рон-критикон хъæппæрис нымæггонд æрцыд, æмæ ма уйй фæстæ цы цъус ацард, уыцы рæстæджы йæ бонтæ фылдæр арвыста æр- хуымæй, йæ зæрдæмæ хъусгæйæ, рынчынæй. 1937 азы ирон литературæйы æфсирхъæлæс хуым æвирхъау хуызы сбæгънæг æмæ ма-иу уымæй фæстæмæ рæстæджыты стæм хатт цы иугай уацхъуыдгæндтæ фæзынд, стæй канд уацхъуыд- тæ дæр нæ — аивадон æрмæг æмткæй, уыдон æвдисæн уыдысты æрмæстдæр литературон хъуыдыйы куынæгдзинадæн. Афтæ зынд, цыма уый размæ нæ уыд ирон аив литературæ, уæлдайдæр та — литературон критикæ, цыма уæд цы æнæуд, хуымæтæджы газетон уацхъуыдгæндтæ фыстой æмæ м.ыхуыр кодтой, уыдон уыдысты йæ райдайæн. Цы фыстой, уыдонæй хъуыддагæн бæз- гæ ницы рауад. Афтæ ахаста дæргъвæтин рæстæг. 75
II сæр. ТРАДИЦИТÆ ÆМÆ НОГДЗИНАДЫ ПРОБЛЕМÆ 30-æм АЗТЫ ИРОН ЛИТЕРАТУРОН КРИТИКÆЙЫ -æм карз æмæ знæт азты ивгъуыды культурон бынтæн аргъ кæнын уыди вазыгджын идеологон фарста æмæ нæ куымдта уыцы иу февнæлдæй алыг кæнын, иуæй-иуТæ куыд хъуыды кодтой æмæ архайдтой, афтæ. Уый домдта марксистон- лепинон методологийæ ифтонг фæлгъауæг хъуыдыйы куыст. Уы- мæн та хъуыд рæстæг, идейон-эстетикон рæзты ног къæпхæнмæ схизын. Ивгъуыд иудадзыг аппаринаг кæй нæу, фæлæ — рафæлгъауи- наг, йæ хорз йæ цаудæй рахицæнгæнинаг, райсинаг, традици ли- тературæйы историйы хуымæтæджы категори кæй нæу, фæлæ уыцы иуч рæстæджы «и необходимое условие творческого своеоб- разия в современной литературе»1. Уыцьг æмбарынад нæ крити- кон хъуыдымæ цыд дæргъвæтин рæстæджы зындзинæдтæ æвзар- гæ, ныхдуртæ сæтгæ. Куыд загътон, афтæмæй нæ литературæйы химбарынад, ома, критикæ, алы хатт æмæ алцæмæй литерату- рæимæ’æмдзу нæ кодта. Литературæйы истори æмæ йæ эстети- кон банкъарыны момент арæх иппæрд цыдысты кæрæдзийæ. Рап- пон эстетикон домæнтæй аивадон уацм.ысæн аргъ чындæуыд хи- цæнæй, ома статикон. æгъдауæй, сыгъдæг историон аспекты, або- нимæ йæ цы тæгтæ бастой, уыдон бамбарын æмæ рафæлгъауъг- ны бæсты кодтой лыг. . Ивгъуыды культурон бынтæн аргъ кæныны хъуыддаджы вульгарои социологизм ирон литературæйы банысангонд дæс азы, уæлдайдæр та сæ райдианы, уыйбæрц ахадгæ уыд, æмæ дзы æнæфæхъæстæ нæ фесты, æ’гæрыстæмæй, æппæты позитивондæр чи уыд, йæхи аивадон сфæлдыстады ивгъуыд æмæ абон органи- кон æгъдауæй æмиу чи кодта^уыдон дæр. Куыд нрон литературæ, афтæ иумæйаг культурон фарстаты фæдыл дæр Нигер йæ уацты иудадзыгдæр сидт уымæ, цæмæй хъахъхъæдгонд цыдаиккой, нæ литературæ .æмæ нæ адæмон сфæлдыстадьг цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон, æмæ канд хъахъ- хъæдгонд нæ, фæлæ ма сæ хъæздыгдæр куыд кодтаиккам нæхи, нæ национ культурæ. Фæлæ уæддæр уый дæр бæрæг рæстæджы вульгарон-социологон эстетикæйы теоретикты æндæвдадæй хызт нæ базза’д. 1933 азьг журнал «Литературон хъазуатон»-ы фыц- цæгæм номыр цы уацимæ ралæууыд —«Ирон кæфтытæ æмæ 1 Роберт Вейман. История литературы и мифология, М., 1975, с. 20. 30 76
фæндырдзагъды кълассон уавæры тыххæй», зæгъгæ, уый æмт- кæй фыст æрцыд ахæм позицитæй. Уым автор сæрмагондæй не ’взары литературон ^ацмЫстæ кæ- нæ фарстатæ, æмæ ам йæ кой кæныны сæр дæр, чи зоны, æмæ’ нæ бахъуыдаид, цы методæй архайдта, цы фаудта æмæ куыд фаудта, уыдон иумæйаг эстетикон домæнтæй куы нæ цыдаиккой æмæ аив литературæйы фарстатæм дæр куы нæ æнхъæвзтаик- ’кой, уæд. Æппæты разæй, æнæкълассон аивад кæй нæй, уыцы иумæйаг уагæвæрды фæдыл Нигер йæ хъуыды ранывæста ахæм хуызы: «Алы къласс дæр аразы йæхимæ гæсгæ аивад, алы къ/гасс дæр йæ саразгæ аивадæй хъахъхъæны йæ кълассон интерестæ... фео- далрн æхсæнадмæ уыди феодалон аивад, буржуазон æхсæнад- мæ та — буржуазон... у.ыцы кълæстæн сæ аивад уыди æрмæст сæхи интересты тыххæй; æрмæст уымæн, цæмæй хъахъхъæд цы- даид сæ уæлахиздзинад; æрмæст уыцы бындурыл, уыцы уагыл, цæмæй эксплуатаци тынгæй-тынгдæр кодтаид»1. Ахæм хатдзæджы фæстæ Нигер рахызт ирон аивады хуыз- тæй дыууæмæ — кафт æмæ кафты цагъдмж. Адон уыдысты зар- димæ иумæ аивады хуызтæй иууыл зындгонддæр ирон адæмы ’хсæн. \ Уыдонæи кълассон цæстæнгасæй аргъ кæнгæйæ Нигер ацыд пролеткульты теоретиктæ æмæ уыдон зондахастыл лæуд рапгюн- ты хъуыдыйы фæдыл. Уый бафарста: ,«Ис, цымæ, ирон фæллой- гæнæг адæммæ, сæ кълассон тохы сæ цы хотых — аивад хъæуы/ ахæм аивад?» Фарстæн автор дзуапп радта цæхгæр æппæрццæг хуызы, уымæн æмæ, дам, «абоны онг нæ фæллойгæнæг адæм, кæд бынтон нæ, уæддæр «сæхи рæвдауынц», сæ туджы цъыртт сын цы кълæстæ банызто&> уыдоны аивадæй. Абон дæр ма ирон фæллойгæнæг адæм кæнынц кæсгон æлдæртты цæгъдтытæ («Хан- ты цагъд», «Тауыче» æмæ æнд.), абоны бон дæр ма ирон фæл- лойгæнæг адæм кæнынц, сæ туг сын чи калдта, уыцы бадилатæ æмæ тæгиаты кæфтытæ («Уæздан кафт»)2. Ракойгонд’ кæфтытæ æмæ кафты цæгъдтытæ «аристократон- феодалон идеологийæ» фаугæйæ Нигер нæ бахынцта, уыдок адæмæн сæхи рафæлдисгæ кæй уыдысты, курдиат æмæ зæрдæ- ргъæвддзинадæй æххæст кæй сты, бæрзонд эстетикон ахадын- дзйнад сын кæй ис, Нæ бахынцта уымæн, ,æмæ «На том уровне литературной науки не признавалось понятие-«народность лите- ратуры»3. Уæлдайдæр та нæ бахынцта,* адæймаг бирæ æнусты дæргъы цы ’гъдæуттæ, эстетикон ирхæфсæнтæ скæрды йæ уды иывыл, цæуыл фæцайдагъ вæййы, уыдон афтæ æнцон аппарæьг **Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 3-аг т., 109—110фф4 Дарддæр ацы уацыл дзырд кæм цæуа, уым цитатæтæ ист цæудзысты баца- мындгонд томæй. ? Уый дæр уым, 113 ф. 3 С. Шешуков. Неистовые ревнители, 1984, с. 61. 77
кæй нæ вæййынц, уый. Ай-гъайдæр, адæмы зонды «хъуымбыл- дзыкку Тауычейы» нæ баивтæ йæ ног, кæнгæ вариаци—«æлвыд- дзыкку Тауыче», «нарæгастæу» кæнæ «тасгæ-уасгæ Тауычейы» та—«фидаргуырджын Тауыче», автор куыд хъуыды кодта, аф- тæ. Нигермæ уыцы хъуыдытæ æвзæрдысты аивадмæ напостонты1 «къуындæг-кълассон субъективизмы» æндæвдадæй: «Усвоив об- щие положения, что впеклассового искусства нет, ч’го худож- ник — сын своей эпохи и класса... критики «На посту» решили, что о никаком объективизме не может быть и речи, что всякое художество насквозь пропитано узкоклассовым, узкоутилитар- ным субъективизмом. Эта вульгаризация теории классовой борь- бы есть особая разновидность релятивизма, доведенного до аб- сурда... Из тонкого оружия марксистской критики в таком пони- мании теория превращается в обух, которым гвоздят направо и налево «без всякого толку и без разбору... Классовая борьба пре- вращается в самоцель, она самодовлеюща, она не служит сред- ством для поступательного развития человеческого общества. Никакой преемственности от одного класса к другому и быть не может. Наука, искусство и т. д., находившиеся в руках одного класса, пригодны только иа слом’’для другого класса — анти- лода»2. Æмткæй ивгъуыдмæ нигилистон зæрдæйы ахаст даргæйæ æмæ йæ фаугæйæ Нигерыл цыдис рагон немыцаг æмбисонд: æх- сæнтимæ уынгмæ æппæрста сывæллоны дæр. Ирон кафтаивады хуыздæр дæнцæгтæ—«Ханты кафт», «Уæздан кафт» исын код- та адæмои кафтыты репертуарæй æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ уæздан кæй уыдысты. Дзырдæн йæ эстетикон мидисмæ нæ каст æмæ йын у’ымæй нæ аргъ кодта, фæлæ йæ номмæ гæсгæ «йæ ’ном кæй у, йæ апп дæр уыдон у... Уыдон уыдысты æфсæст, æнæмæт æмæ æвæллад æмæ-иу кафгæйæ дæр сæхи ауа- гътой... уыдон нæ кодтой уæлдай змæлд». Ноджы дарддæр: «Гра- ци, зæгъгæ, кæй хонынц нæ аивады тæрхонгæнджытæ, уый та у рагон фæлтæры,— цагъарты тугæй чи царди, цагъарты.цармыл чи кафыд,—бердзенаг æмæ рагон ромаг аристократты æмæ патрициты эстетикон идеал... социалистон цардарæзты уæздан дæр æмæ граци дæр ницæмæн ахъаз сты. Соцналистон цардарæз- ты хъæуынц заводтæ, фабриктæ, ноджы колхозтæ æмæ совхоз- тæ»3. Ахæм утилитарон цæстæнгасæй канд рагон нæ, æрыгон аи- вады дæр ницы уыд пайдайæ. . Пролетарон замаи автор аивадæй домдта знæтдзинад, тыз- Мæгдзинад, «гæппытæй» кафт, «цард дæр «гæппытæй» арæзт у, цард, ленкгæнæгау, нæ цæуы»4 зæгъгæ. 1 РАППы сæйраг мыхуыры оргæн журнал «На посту»-йæ равзæргæ. 2 Воронский А. К. Цитатæ ист у Шешуковы чиныгæй, уæлдæр ма йæ кой уыд, 60—61 фф. 3 Нигер. 3-аг том, 132 ф. * Уый дæр уым, 134 ф. 78
Пролетарон сомбоны тыххæй Рафаэлы басудзынм.æ чи сидт, уый хуызæн рауадысты авторы карз тæрхоны ныхæстæ, ирон адæмы хореографи æмæ музыкалон культурæйы аивæй, фи- дыцджынæй цы ис, уыдон фаугæйæ æмæ сæ царды науæй æд- дæмæ схойгæйæ, æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ рæсугъд кæй стыг уæздан кæй сты. Растдæр ахæм хъуыддаджы тыххæй æрцыдыс- .ты загъд Ленины ныхæстæ: «Красивое нужно сохранить, взять его как образец, ирходить из него, даже если оно «старое».., Почему нам нужно отворачиваться от истинно прекрасного,от- казаться от него, как от исходного пункта для дальнейшего раз- вития только на тодо основании,.что оно «старо». Почему надо лреклоняться перед новым, как перед богом, которому надопо- кориться только потому, что «этоЪово»1.; .- Нигер аивады тыххæй цы загъта, уыдон литературæмæ куъг рахæссæм, уæд сын йæхæдæг уымæй . цьгапар азы раздæр йæ уац—«Цы у,. цавæр у аив литературæ æмæ хæрз цыбыр н-ыхас нæ критиктæм», зæгъгæ, уым карз тæрхон скодта. Шекспирг Шиллер, Пушкин, Лермонтов æмæ Байроныкой ракæнгæйæ ба- фиппайдта, уыдон уæздæтты мыггагæй кæй уыдысты, «мæгуыр лæджы сагъæстæй мдррдтæм нæ бацыдысты», фæлæ, ,дам, «уæд- дæр мæн нæ уырны, уыдон искуы дзыллæты аив литературæйæ сырд æрцæуой. Уыдон уыдысты, сты .æмæ уыдзысты аив литера- турæйы фидар цæджьщдзтæ»2. * * * Æртынæм азты ног цардарæзтады темæйы æмрæнхъ лите- ратурæйы зынгæ бынат байдыдта ахсын ивгт^уыд царды темæ- дæр. Нæ фысджытæ се ’ргом здахын байдыдтой историмæ. Уым’ та, сæйраджыдæр, агуырдтой, сæ дуджы пафосæн, сæ тырнын- дзинæдтæн дзуапп чи лæвæрдтаид, ахæм удгоймæгтæ, цаутæ^ Æнусты дæргъы социалон, махмæ, Ирыстоны та ма, национ æф- хæрд дæр чи .æййæфта, уыцы адæм -æппьшфæстагмæ баййæфта- сæрибар, федта æмæ йын ’бавзæрста йæ хæрзиуджытæ дæр. Нырг йæхицæй, йæ уæлахизæй сæрыстыр уæвгæйæ афæлгæсыд, цы фæндагь?л рацыд, цы зындзииæдтæ бавз’æрста, , уыдоныл, æр- фæндыд æй йæхи ретроспективон хуы!зы фенын, радзурын йæ зындзинæдтæ æмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йе "мдугонтæ æмæ фæстагæттæн дæр. Фæлæ ивгъуыды темæйыл кусгæйæ нæ фысджыты сфæлдыс- тады нырма уыд зынгæ хъуагдзинæдтæ:'Ивгъуыд æмæ абоны ’хсæн нæ уыдтой диалектикон бастдзинад,'фылдæр хатт æй æв- дыстой схематикон хуызы: раздæр уыд æвзæр, мæгуыр фæллой- гæнæг адæм уыдысты æфхæрд, ныр та^—хъæздыг, хорз, адæм нал сты æфхæр’д, фидæн та уыдзæн нбджы хуыздæр æмæ хъæз- дыгдæр. 1 Ленин о литературе и искусстве, М., 1967* с. '663.' 2 Нигер. Уацм. æххæст æмбырдгонд, 3-аг т., 12'ф. 79
Уæддæр историон темæмæ кæй байдыдтой æвналын, уый уыд æвæрццæг мадзал ивгъуыд æрбаввахс кæнынæн, уым хорзæй, фæзминагæй цы уыд, уыдон фень^н æмæ райсынæн. Ахæм хуызы æмбæлы аргъ кæнын, нæ фысджытæ адæмон сфæлдыстады героикон темæтæм гæсгæ хуыздæрæй цы уацмыс- тæ сфæлдыстой, уыдонæи дæр. Адæмон сфæЛдыстад кæддæрид- дæр хицæн кодта йе стихион демократондзинадæй, æмæ уымæ гæсгæ ног заманы идейои-эстетикон домæнты раз уымæн бирæ уыд йæ бон саразын. Уыцы азты адæмон сфæлдыстадмæ æппæтиумæйаг цымыдис ысцырен Советоп фысджыты фыодаг съезды трибунæйæ Максим Горькийы ныхæсты фæстиуæгæн дæр: «Начало искусства — в фольклоре. Собирайте наш фоЛьклор, учитесь на нем, обрабаты- вайте его. Он очень миого дает материала н вам и нам, п^зтам и прозаикам Союза. Чем лучше мы (бУдем знать проШлое, тем легче, тем более глубоко и радостно поймем великое значение творимого нами настоящего»1. Горькийы ацы ныхæстæ махæн амонынц уый, æмæ адæмон сфæлдыстады уацмыстæм кæй ис, канд эстеТикон æхцондзинад дæттыны миниуæг нæ, фæлæ ма цард зоныны, цард фæлгъауы- ны миниуæг дæр. Ирыстоны ног хъæппæрисимæ æрæвнæлдтой фольклорон æр- мæг æмбырд кæнынмæ æмæ йæ чингуыты уадзынмæ. Фæзынд уацтæ дæр адæмон сфæлдыстад ахуыр æмæ иртасыны фæдыл. Ахадгæ уыдысты 1935 азы ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæл- дыстады тыххæй Абайты Вассойы хъуыдытæ. Ома, нæ адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстадæн йæ бон у дыууæ хæрзиуæджы ба- цæуын: схъæздыг нын кæндзæн нæ зонд нæ адæмы истори зо- иынæй; фæахъаз уыдзæн нæ литературæйæн идейон-эстетикон æгъдауæй хæрзхъæд уацмыстæ сфæлдисынæн: «Ирон адæмæн чиыгуыты фыст истори кæй нæ баззад, уымæ гæсгæ нæ истори- йыл чи кусы, уыдон уæлдай зæрдиагæй сæ хъус хъуамæ æрдарой нæ фольклормæ, нæ рагон историон талынг къуымтæй бирæ фæ- рухс уыдзæн нæ таурæгътæ, нæ кадджытæ æмæ нæ зарджыты руаджы... Уæлдай зæрдиагæй æркæсын хъæуы нæ эпосмæ... Кæд Нарты кадджыты историон элементтæ тйнг хæццæ сты мифоло- гион элементтимæ, уæддæ’р сын лæмбынæг анализæй ис кæрæ- дзийæ раиртасæн æмæ саргъ кæнæн дыууæтæн дæр»2. Вассо йæ хъуыды арæзта уымæ, зæгъгæ, адæмон сфæлдыстад у национ культурæ, национ химбарындзинад .сæндидзын кæны- ны, погдæр замантыл æй ^бафтауыны амалджын фæрæз. Йæ хъуыды бафидар кæиыиæн цæвиттон æрхаста чех æмæ венгри- иаг адæмæй,чуыдон къорд азты дæргъы уыдысты немыцаг æф- сондзы бып, политикон æмæ культурон æгъдауæй дæр дæлдзи- 1 Горький о литературе; 1955, с. 2 «Фольклор», «Мах дуг», № 7, 80 ф. ,80
иыгмæ фæцæйцыдысты, се ’взаг фæцæйсæфт. Фæлæ та сæм ио- тæй цæрыны ныфс кæцæй «æрыздæхт, уый уыд сæ адæмон сфæл- .дыстад, уымæ се ’ргом аздахгæйæ райгас, райхъал сæ национ химбарынад, сæ ивгъуыд бамбарын æмæ банкъарыны руаджы сæм æрцыд с& сомбоны ныфс дæр. Чех æмæ Венгрийы кой ракæнгæйæ Вассо, кæд æй номхуын- лæй нæ загъта, уæддæр йæ хъуъщыйы мидæг аналоги арæзта ирон адæмы царды историимæ. Æнгæс уавæры бахауд Ирыстон дæр йæ уæззау царды фæндагыл карз национ æмæ социалон æфхæрд баййафгæйæ. Уый нал æндæвта йæ культурæйы кой, дзырд цыд æрмæстдæр ууыл, цæра ма æви мауал цæра. Æмæ фадат куыд- дæриддæр фæци, афтæ нæ адæмы æмбаргæдæртæ сæ национ хи- добарынад р^йхъал кæнын, уый культурон æгъдауæй сæндидзын кæнын, сæ сæры кады æнкъарæн сæм æрыздахыны тыххæй се "ргом фыццагдæр цы хъуыдддгмæ аздæхтой, уый уыд нæ адæмы сфæлдыстад æмбырд кæнын æмæ йæ фæстæмæ адæмы ’хсæн аф- тæ хæлиу кæнын, сæ уд æмæ сын сæ зондыл куыд æндæвтаид. Æнæнхъæлæджы, мыййаг, куы нæ уыд, ирон литературæйы клас- сиктæ, ирон ацв дзырд райдайджытæ сæ хуыздæр уацмысты те- мæтæ адæмон сфæлдыстадæй кæй истой, уый дæр. Æгæрыстæ- м-æй æмткæй сæ куыст, сæ архайд дæр комкоммæ бастой, наци- < йæн зæрдиагдæр цы уыд, йæ химбарынад æмæ хинкъарынадыл чи æмбæлд, уыцы мадзæлттимæ. Афтæмæй фæзындысты Мам- сыраты Темырболаты «Ирон зарджытæ», Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр», Гæдиаты Секъайы «Ирон фыййау». Уæда. канд дунеон литературæ ’нæ, фæлæ нæхи ирон лите- ратурæ дæр, кæд ма тынг æвзонг уыд, уæддæр фаг бындур лæ- вæрдта Вассойæн йæхи хатдзæг саразынæн. Ирон адæмы фольклор базонын, сахуыр кæныны хъуыдда- джы Вассо йæ хъуыды цы фарстатæм аздæхта, уыдонæй фыц- цаг, ома, нæ адæмы сфæлдыстады ис нæ адæмы истори дæр, уый иттæг лæмбыпæг æмæ арфæй равдыста йæхæдæг, скодта <йæ йе ^ппæт цард æмæ зонадон куысты сæрæвæрæн, æмæ йын абои дæр йæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ нæ ауæрдьг. Дыккаджы та ба- кодта нæ аив дзырды дæсныты бар. Адæмои сфæлдыстадмæ ахæм ахаст дардта Тыбылты Алык- сандр дæр, адæмон сфæлдыстад æм уыд нæ адæмьгисторион-со- циалон цардимæ æнгом баст. Йæ хатдзæгтæ нын се ’ппæт дæр амоныпц уый, æмæ мифты, фольклорон хабæртты аууон кæй æм- бæхсы реалон царды фæлгонц. Уыйадыл бафиппайдта: «Хуссар Ирыстоны царды æууæлтæ базонын кæй фæнды, уымæн стыр æххуыс фæуыдзæн фольклоры æрмæг»1. Йрон адæмы историон царды æууæлтæ нодхш бæлвырддæ- рæй та амоны Нарты эпосы: «Нарты эпосы ис бæлвырд истори- он хабæртты æнхъæвзæи: ирон адæм цы бæлвырд цсторион хæ- 1 «Фидиуæг», 1935, № 2, 93 ф. 6 Заказ № 59 81
тæнты фесты, уый æвдисынц Нарты кадджытæ»1. Хуссар Иры- стоны æрæмбырдгонд нарты таурæгъты кълассон мидисы тых- хæй та загъта: «Зыны сæ мыггагон цард, дзыллæ къласгай куыд кæнынц. Зыны, сæ кълæсты ’хсæн тох куыд цырен кæны. Нартæ- афтæ зæгъынц Нарты Сосланæй: «Сослан æлдарæй ныллæууыд Нарты хъæуы, Сослан фыдуаг æлдар рацыди»2. Уый, æвæццæ- гæн, нарты эпосмæ Хуссар Ирыстоны царды æрмæгæй æрæджи- ау чи бафтыд, æм,æ афтæмæй конкретон-историон дуг кæуыл’зы- ны, ах’æм хабар у, æвдисы Хуссар Ирыстоны æлдарады заман. Куыд Вассойы, афтæ Алыксандры ныхæстæ æмæ хатдзæгтæ- дæр уый æвдисæн сты, æмæ адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад йæ хъæздыг аивадон æвæрæнтæ4 æмæ демократон зондахастæй каёй у, аивадон литературæйæн фидар æнцой, фольклор æмæ’ ай- вадон литературæйы æмцегдзинады традицитæ кæй сты арф æмæ- ахадгæ канд дунеон литературæйы нæ, фæлæ ирон литерату)эæ- йы дæр. ’ * • ’ •' Ирон адæмьг фольклор нæ фысджытæй хорз ’ йхъаз кймæн фæци, дæсны æгъдауæй дзы чи спайда кодта, к уыдоны æхсæнг Алыксандр æмæ Вассо нымайынц Хетæгкат’ы Къостайы, Гæдиа- ты Секъа-йы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Беджызаты Черр^енЫ, Хъуылаты СозырыХъойы нæмттæ. Адæмы сфæлдыстады, æцæгæй дæр, фольклорон темæтæ ахсынц зынгæ бынат, пайда сæ ’кæ- нынц арæхстджынæй, курдиатджынæй. Фольклорон темæтæ уЬь донæн кæд се ’ппæтмæ æмхуызои нæ, уæддæр сæ алкæмæ дæр- хæссынц реалистон типизацийы миниуджытæ, уымæ гæсгæ сæ нæй рахатæн, фольклор кæм фæвæййы æмæ реалистон аивад, кæм райдайы, уыдон кæрæдзийы мидæг сты æмтад, иу сæ иннæ- йы кæньг хъæздыг. Ахæм уацм-ыстæ та кæддæриддæр вæййынц новаторон. Новаторы хъуыддаг æмæ аивадон прогресс къухьг æфтынц, канд ног темæтыл фысгæйæ нæ, фæлæ зæронд, истори- он, йе та фольклорон темæтыл фысгæйæ дæр, кæд æмæ сæ æв- дыстæуа иог мидис, хъацыд уой царды судзаг фарстатæй. Æнусты дæргъы адæмы ’хсæн дзыхæй-дзыхмæ чи цыдис, адæ- мы историон æмæ социалон царды чи сфыхт, уыцы сфæлдыста- дæн—аргъæуттæ, таурæгътæ, ’мбисæндтæ, легендæтæ æмæ миф- тæн сæ бон у реалистон аивады философон, психологон фæл- гæттæ рауæрæх кæнын, историон перспективæ сын раттын. Уы- мæ гæсгæ раст уыд Вассо, нæ фысджытæм афтæ куы сидт: «Нæ фольклоры æнæнымæц хæзнатæ, сызгъæрин æрзæтау, нæ фыс- джыты раз кондæй лæууынц»3. Алыксандр та:' «Æвæццæгæн, амæй фæстæмæ дæр ирон фольклор æххуыс уыдзæн советон ли- тературæйæн, ифтонг æй кæндзæн æвидийгæ поэтикон æрмæгæй æмæ æвзаджы хъæздыгдзинадæй»4. 1 «Фидиуæг», 1935, № 2, 95 ф. 2 Уый дæр уым, 96 ф. 3 «Мах дуг», 1935, № 7, 81 ф. 4 «Фидиуæг», 1935, К° 2, 96 ф. 82
Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ фысджытæ дæр æнæрыхъусгæ нæ фесты ацы æрсидтытæм, æртынæм азты æмæ уый фæстæ дæр нрон фысджытæй бирæтæ æнæзивæгæй æвнæлдтой адæмом сфæлдыстадмæ, фæлæ, куыд ма загътон, афтæмæй алы хатт нæ уыд ахадгæ, нæ уыд литературæйы сфæлдыстадон хæзнавæрæн- тæ хъæздыггæнæг. Уыцы миниуæг нæ аив литературæйы, ’сæй- раджыдæр, зынд æртæ хуызы-' фыццаджы, адæмон сфæлдыстады уацмыс фыссæджы къухы интерпретацигонд цыд механикон æгъдауæй, йæ натуралон фор- мæйы, фыссæг æм йæхицæй ницы æфтыдта, нæ дзы зынд нæ йæ- хи æрмдзæф, нæ йæ заманы комулæфт. Дыккаджы, поэтикон авторитеты хуызы тынг арæх пайда ’чындæуыд адæмон-фольклорон стилыздæхтæй нырыккон цардыл фыст уацмысты, уæлдайдæр та лирикон поэзийы, поэты индиви- дуалон сагъæстæ æвдисыны рæстæджы. Фæстаг хуызы, поэт цас курдиатджындæр уыд, уыйас-иу адæмон стиль тынгдæр ахуырст лирикон хъайтары субъективон æнкъарæнтæй. Фæлæ уый уæд- дæр нæ уыд иууыл перспективондæр поэтикон амал. Уыцы хуы- зы адæмон сфæлдыстады мотивтæй æппæты курдиатджындæрæй чи пайда кодта, уыдон дæр не схызтысты поэтикон дзырдаива- ды æрттиваг бæрзæндтæм. Се ’нтыстытæ поэзийы историйы сæй- раджыдæр баст сты поэтикон æнкъарынад æмæ уынынад инди- видуализацигонд реалистон амалимæ. Æртыккаджы, адæмон сфæлдыстады уацмыстæ иу жанрæй иннæ жанрмæ ивд цыдысты, арæхдæр сæ ивтой прозæйæ поэзи- мæ. Уыцы куыст нæ иуæй-иу поэттæц сæ зæрдæмæ фæцыд тынг- дæр фæстæдæр рæстæджыты. Уый уыд уæлдай æнæпайда куыст. Æртынæм азты кæрон уыцы æбузн хъуыддаг рахызт аив лите- ратурæмæ дæр (Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ трансформаци- гоид цыдысты иу жанрæй иннæ жанрмæ, сæ поэтикон фидыцтæ хуымæтæггæпгæ æмæ сафгæ). Адон се ’ртæ дæр уыдысты фольклор æмæ индивидуалон, профессиоы сфæлдыстады æмахастытæ, хуымæтæггонд хуызы æмбарыны мадзæлттæ. Хъыгагæн, ацы æхсызгон фарстатæ уæд нæ критикæйы никуы систы æрныхас кæныны предмет. Афтæмæй индивидуалон лите- ратурæйы фольклорон æрмæгæй пайда кæныны фарст-Йаззад йæ райдиан стадийы, ома дзы хъæуы пайда кæнын, фæлæ куыд, цы хуызы, кæд у ахъазгæнæг æмæ кæд нæу, уыцы ахсджиаг фарс- татæ æвзæрст не ’рцыдысты. Уыцы хъуыддагыл, æвæццæгæн, хъуыды кодтой нæ фысджы- тæ, кæд се ’ппæт нæ^ уæддæр сæ курдиатджындæртæ, ныхасмæ дæр^иу æрхаудта иумæйаг æмбырдты, фæлæ мыхуыры йæ кой никуы ’рцыд. 83
* * * 30-æм азты нæ классикон аивадон бынтæ ахуыр кæнын æмæ иртасыны хъуыддаг, зæгъæн ис, бацыд ног фæлтæры. Цард æр- домдта, цæмаей уыдон ахъаз кодтаиккой ног эстетикон заман дзыллæтьг аивадон адæнкъарынæдтæ æмæ адæмбарынæдтæ со- циалистон æгъдаудзыдмæ гæсгæ рæзын кæнынæн. Хаст цыдыс- ты астæуккаг скъолаты программæтæм, ахуыр сæ кодтой уæл- дæр скъолаты. ’ Куыд уый размæ дæс азы, афтæ банысангонд рæстæджы дæр ивгъуыд культурон бынтæ æмæ уыдонæй ног цардарæзтады пай- да кæныньг про0лемæ æвзаргæйæ ныхас, сæйраджыдæр, цыдХе- тæгкаты Къостайы сфæлдыстады алыварс. Æмæ уый æмбæрст- гонд дæр у: нæ литературæйы гхæрæццаг традицитæ се ’ппæт дæр — иу фылдæр, иннæ къаддæр, уæддæр баст сты Къостайы сфæлдыстадимæ. Хоры нæмыг йæ гуырдзы сомбоны тыллæг куыд хæссы, афтæ Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстады сты иронлите- ратурæйы райдайæнтæ, иæ дарддæры рæзты фæндæгтæ. Уый фæцырендæр ноджы уымæй, æмæ уæд нысан цыдысты йæ амæ- лæтыл æртын азы (1936) æмæ йæ райгуырдыл æстай азы (1939) сæххæсты юбилейтæ. Стыр уарзондзинад æмæ цыты æнкъарæн- тимæ сæрибар дзыллæ æрæвнæлдтой, сæ зарæггæиæг æмæ сæ сæрхъуызой чи уыд паддзахы æфхæрд заман, цырагъдарæй сын чи фæцыд талынг сЬæндæгтыл, уый ном сæнусон кæнынмæ, йе сфæлдыстадон хæзнатæ сахуыр кæнын æмæ раиртасынмæ. Уыцы заман Къостайы тыххæй цы уацтæ фæзынд мъгхуыры, уыдоны арæх фыстой, поэты сфæлдыстад нырма иууыл æмбырд- гонд кæй нæу æмæ уый къуыл’ымпы кæй æвзæрын кæны кæрон- мæ йæ бамбарыны хъуыддаджьг, мыхуыр дзы цы ^рцыд, уым дæр чиныгаразджыты аххосæй кæй ис бирæ хъуагдзинæдтæ, рæ- дыдтытæ. Къостайы сфæлдыстадон бынтæ бабæстон кæныны хъуыд- даджы стыр куыст чи бакодта, уыдонæй иу уыд Къосыраты Сæрмæт. Цыдæриддæр йæ къухы æфтыд поэты уацмыстæй, йæ цард, йе сфæлдыстадимæ баст æрмæгæй, суанг хицæн цардуагон предметты онг, уыдон фембырд кодта. Æрæвнæлдта Къостайы тыххæй роман фыссынмæ дæр, «Къуылых цæргæс», зæгъгæ. .Хи- цæн сæртæ дзьт мыхуыоы дæр рацыд, фæлæ йын кæронмæ ныффыссын нæ бантыст. Мыхуыр дзы цы сæртæ æрцыд, уыдоиæй дæр бæрæг у, бибграфион æрмæг дзы стыр бынат кæй æрцах- стаид,— поэты цард йæхæдæг уыд зарæджы, кадæджы аккаг. Ныффыста сæрмагонд уац дæр—«Хетæгкаты Къоста»1-Æвзары, «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рацыды цы хъæндзинæдтæ уыд йæ рауадзæджы аххосæй, уыдон, текстты бирæнымæц хæлдтытæ сраст кодта Къостайæн йæхи къухфыстытæм гæсгæ. Уый уыд æх- сызгон мадзал поэты сфæлдыстадон бынтæ нывыл рауадзыны хъуыддаджы. 1 «Мах дуг», 1935, №№ 3—4. 84
Сæрмæты уацимæ ма журналы уыцы чиныджы мыхуыр уы- дысты Æрнигон Илас æмæ Нигеры уацтæ дæр — «Адæмы лæг»- æмæ «Дзырды дæсны». Сæ нæмттæ куыд æвдисынц, афтæ фæй- нæхуызон сты, цы хъуыддæгтыл дзурынц, уыдон дæр, уымге гæсгæ сæхирдыгонау банысан кæныны аккаг сты Къостайьг сфæлдыстад ахуыр кæныны-фæндагыл. Æрнигон лæмбынæг æркаст поэты цард æмæ сфæлдыстад- мæ æмæ дзы федта йæ ныййарæг адæмыцарды хуыз, федта дзы Къостайы æмбæстагон фæлгонц, уыд æмæ уыдзæн кæддæрйд- дæр адæймаджы хæрзæгъдаудзинады идеал æмæ загъта: «Æгас Ирыстоны нырма авдæнæй ахæм гуырд нæма рацыд, Къостайы хуызæн мæгуыр фæллойгæнæг адæм æмхуызонæй афтæ зæрдйа- гæй кæмæ ныхъхъуыстой æмæ афтæ кæй бауарзтой. «Нæ Ир:ы ахсджиаг хъæбул», «нæ хуыздæр», «нæ иунæг» — ахæм нæмт- тæй хуыдтой Къостайы Ирыстоны фæллойгæнæг адæм»1. Æрнигоны уацы ирдæй зыны ахæм хъуыды, зæгъгæ, ’ Къоста йæ архайдæй уырыссаг революцион демократты зондахасты хуыздæр миниуджытæ æмиу кæй кодта адæмы х’æрзамондыл лæгæй-лæгмæ активон^тохимæ, уымæй йæхæдæг ирон адæмы ’хсæн арæзта æфхæрд, ссæст нæ быхсыны, сæрибар удыйас уар- зыиы традици, æмæ уый та уыд Къостайы — дзыллæйы лæджы стыр æмбæстагон сгуыхтдзинад. Æрнигонмæ Къоста у иронфæл- лойгæнæг адæмы национ æмæ социалон сæрибардзинады сæрыл тохы тырыса хæссæг, куыд йæ æмбæстагон архайдæй, хæххон’ æфхæрд адæмы сæрыл йæ ралæудтытæй, афтæ «йæ зæрдæхалæн хъарджытæй», йæ «Ирон фæндыр»-æй. Уацы авторæн хорз зындгонд уыдысты йæ заманы вульгарон социологты дæрзæг митæ, иуæй-иутæ нæ культурон хæзнатæ- æмæ хицæн фысджытæм дæр цы æнæууæнчы ц^стæй кастыстьг, ’ цы; фаутæ сыл æвæрдтой, ног заманы цардæй сæ куыд иуварс æппæрстой, уыдæт;тæ, а^мæ фæдзæхсæгау дзырдта: «Абоны ба- рæнтæй Къостамæ æнæ здæхгæ нæй, фæлæ йæ уыдонæй барын хъæуы арæхстгай, фæрæдийыны цæйнæфæлтау. Къоста нæу пролетарон фыссæг æмæ не ’вдисы йæхи пролетарон идеоло- гийыл хæст фыссæгæй дæр. Къоста у мæгуыр зæхкусæг адæмы фыссæг...»2. Ахæм ахастæн та йæ аххосаг уыд, Къостайы сфæлдыстад ’æмæ уый заман рæстмæ кæй нæ зыдтой, канд уый мидæг нæ,— сæхæдæг цы заман цардысты, уый дæр сын хорз æмбæрст ртæ уыд. Дыууæ рæстæджы ’хсæн цы сæрсæфæн арæзтой, уымæн иуырдыгæй фарс æрæвæрдтой Къостайы, иннæрдыгæй фарс та сæхи. Афтæмæй поэты сфæлдыстад ног заманæй хъæздыггонд нæ цыд, ног хуызтæ не ’вдыста, фæлæ йæ кодтой мæгуыр, æгъ- уыз, ког цард фæлдисæг адæймаджы эстетикон домæнтæн дзуапп нæ дæттæг. Къостайы тъыстой къуындæг, аразгæ фæлгæт- - > «Мах дуг», 1935, Лад 3—4, 35 ф. 2 Уый дæр уым. 85
’ты, хи субъективон цæстæнгасмæ гæсгæ. Суанг ма ахуыргæнæн ^чингуыты дæр уыд бакæсæн ахæм ныхæстæ: «Къостайы фысты- ты... бирæ ис æрмæст хи адæмы—ирон адæмы уарзондзинад, ра- .ционализм кæй хонынц», уый1. Æрнигон уыдон нымадта æнæ- раст хъуыддагыл. Фæлæ Къостайы революцион-демократон зондахаст алы- фарсонæй фенын æмæ базоныны арæхстдзина^ Æрнигонæн Ææхймæ дæр нæма уыд. Уый зыдта Къостайы стыр поэтикон хгуыхтдзинад, йæ поэзийы революцион разæнгардгæнæг ахаст, фæлæ йын хицæн фарстатæ бæлвырд æмбæрстгонд нæ уыды- Æты, уыйадыл-иу æм фæхæццæ æцæгæлон хъуыдыты æндæвдад, цыма Къоста Ирыстоны мæгуырты æмæ хъæздыджыты кæрæ- дзийæ æххæст нæ иртæста, ноджы дин адæмæн стыр фыдбылыз кæй у, уый дæр ирдæй нæ зынд йæ уацмысты, зæгъгæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъуыдыты фарс хæцыд уæд Хъуылаты Со- зырыхъо дæр. Уымæй дарддæр ма Созырыхъойæн йæхи сæрма- гонд фиппаинагыл банымайын хъæуы ахæм рæдыд хъуьщы дæр, цыма «Къоста нæ зыдта, цæмæн фæци уал азы дæргъы аф- тæ дард æрвыст йæ райгуырæн бæстæй, нæ йæ зыдта, уый тых- хæй æмæ не ’мбæрста йæхи зарджыты стыр тых»2. Ома Къос- -тайæн æмбæрст нæ уыд, цы поэтикон æмæ æмбæстагон мисси .æххæст кодта, уый. Æндæр нысантимæ æмæ æндæр амалтæй бацыд Къостайы сфæлдыстадæн аргъ кæнынмæ Нигер. Уый фарста æвæрдта ахæм хуызы, цæмæй, поэты сфæлдыстадыл дзырд куы цæуа, уæд сæрмагонд хъусдард здæхт уа <йæ поэтикон дæсныйадмæ. Поэтикон дæсныйады фарстатæ уæд канд ирон критикæйы нæ, æмткæй советон литературон критикæйы дæр сæрмагондæй .жвæрд нæма цыдысты. Уымæн уыд йæхи аххосæгтæ, Нигер дæр разы кæмæй нæ уыд: «Поэтикæ, поэтон дæсныдзинады техноло- ги фаг бынат нæма æрцахста советон литературæзонæны. Аива- ды формалон моментты анализæй цыма тæрсгæ кæнынц, афтæ у. «Формалон моменттæ», зæгъгæ, куы ской кæнай, уæд дæ уай- тагъд «формалист» акæнынмæ ахъавынц. Уый раст иæу. Фор- мализм æмæ аивады формалон моментты анализ — уыдон ку не сты. Фыццагæй хи хнзын хъæуы, дыккаг та нæ хъæуы тынг æхсызгон»3. Нигер раст бафиппайдта вульгарон-социологон крптикæйы заманы ахсджиаг эстетикон хъуагдзинад. Æртынæм азты æмбис поэтнкон дæсныйады фарста æрго- мæй слæууыд нæ критикæйы раз, куыд аивадон сфæлдыстадæн ^ргъ кæныны сæйрагдæр критеритæй иу. Нигер Къостайы .сфæлдыстадмæ кæсгæйæ йæ зæрдыл дардта, сæйраджыдæр, 1 Ирон литературæйы хрестомати райдайæн кълæсты цыппæрæм-фæн- дэæм къордæн, Орджоникидзе, 1933, 20 ф. • 2 «Фидиуæг», 1935, №№ 5—6, 8 ф. 3 «Мах дуг», 1935, №№ 3—4, 19 ф. $6
ацы хъуыддаг, ууыл ыын дзуры уацæн йæ ном дæр «Дзырды дæсны», зæгъгæ: «Аивадон техникæ хи бакæныны проблемæ ныртæккæ æвæрд у советон фысджыты раз. Уыцы фарста баст у культурон бынты фарстаимæ. Æз дæр Хетæгкаты Къостайы кой фылдæр уый тыххæй бабастон поэтикæйы фарстайыл». ’ . " Дæсныйадон фарстатæ дæр культурон бынтыл нымайын, эстетикон хæзнайы рæгъмæ сæ хæссын дзурæг уыд, 30-æм *аз- ты ирон- литературон критикæ раст фæндагыл слæууынмæ кæй тырныдта, ууыл. Нигер разы нæ уыд> Къостайы тыххæй уæды онг куыд фыстой, уымæй, зæгъгæ, Къостайы тыххæй нырма «æцæг» ныхас ничи загъта. «Æцæг ныхас» зæгъгæйæ, йæ зæр- дыл дардта, Къостайы уацмыстæн æрмæстдæрсæ социалон апп кæй бæрæг кодтрй, фæлæ , йын йæ аивады миниуджытæм, социалон мидис реализацигонд цæй руаджы цыдис, уыдонмæ сæ хъус кæй никуы æрдардтой, уый. Кърстайы тыххæй домд»- га'"«æцæг фыст, аив литературæ цы у, уый æмбаргæйæ» фыст,— ома идейон-эстетикон анализ. \*: •" ■ Фыссæджы сфæлдыстад æрмæстдæр алыфарсонæй сахуыр кæныны, идейон-аивадон комплексмæ цыдæриддæр хауы, уыцы критеритæм гæсгæ йын саргъ кæнын, афтæмæй ,йæ равдисыны уыд перспективæ Къостайы аивадон традицитæн ног заманы, æрмæстдæр ахæм’хуызы фæахъаз уыдаиккой ног рæстæджы ирон литературæйы рæзтæн. Фыссæджы бынат национ литературæйы бæрæг кæнынæк Нигер цæвиттонæн æрхаста Белинскийы ’ныхæстæ æмæ уыдон руаджы равдыста’ йæ ахаст Хетæгкаты Къостамæ, уый нысани- уæгмæ ирон адæмы уды царды: «Рассматривается весь круг деятельности того или иного писателя, определяется степень его влияния на современников и потомства, разбирается дух его творчества вообще, а не частные красоты или недостатки, берут- ся в соображении обстоятельства его жизни, дабы узнать, мог ли он сделать больше того, что сделал, и объяснить, почему он" делал так или этак; и уже по соображении всего этого реша- ют, какое место он должен занимать в литературе и какой сла- вой должен пользоваться». Нигер, Белинскийы ацы бæрзонд критерийæ Къостайæн аргъ кæнгæйæ æмæ йын ирон лйтературæйы историйы йæ ны- саниуæг рафæлгъаугæйæ, æрцыд ахæм хатдзæгмæ: «Къоста1 цæуы æмæ цæудзæн зæрдæмæ æрмæст уый тыххæй нæ,. æмæ ирон мæгуыр адæмы тухийы цард кæй равдыста, Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахы ныхмæ кæй тох кодта, нацийы сæрибар- дзинады идеолог кæй уыдис, фæлæ ма Къоста цæуы æмæ цæу- дзæн зæрдæмæ уымæн, æмæ дзы ирон адæм уындзысты, сыгъ- дæг айдæны куыд уынай, афтæ сæ историон хибазонындзинады сахат, сæ национ культурæйы райгуырæн бон, сæ царды уал- дзæг»1. Ома Къоста уыд ирон адæмы национ фæтæг, нацийы 1 «Маг дуг», 1935, №№ 3—4, 21 ф. 87'
райхъалгæнæг, уый фæрцы ирон адæм бамбæрстой сæхи æмæ, ца^ фæнды рæстæджытæ ма цæуой, дугтæ м’а ивой, уæддæр ирон адæмæн Къоста лæудзæни сæ зæрдыл, куыд сæ царды уалдзæг, куыд се ’взонджы бонты æвæджнаудæр мысинаг, афтæ. Цæмæн бафтыдис Къостайæн йæ къухы уыцы стыр национ историон хæрзиуæг саразын? Уымæн Нигеры дзуапп уыд: «Уы- мæн æмæ Къоста уыди курдиатджын поэт, уымæн æмæ хæст уыди дæсныдзинадыл, уымæн æмæ ирон æвзаг, ирон адæмы кудьтурæ, историон фæлтæр — уыдон цыдæриддæр лæвæрдтой, уыдон Къоста, Куырдалæгоны куынцгомау йе сфæлдыстадон йуырдадзы рацагъта, синтезмæ сæ æркодта»1. Ома æнæ дæсныйад нæй никæцы хъуыддаг, аивадон сфæл- дыстад та у дæсныйады иууыл уæлдæр хуыз, курдиатæй араз- гæ, æнæ курдиат нæй айвадон сфæлдыстад; кæд уый пролета- рои фысджыты ’хсæнæй чидæртæ дзырддаг кодтой, уæддæр. Ив- гъуыдæй абонмæ цæуæг литературон-аивадон традицитæ хæссæг у æрмæстдæр курдиат, курдиаты руаджы сты уыдон дзыллæгы ливадон фæлтæрддзинад хъæздыггæнæг фæрæз, æнæкурдиат та сæ кæны гуымиры, гуылмыз, вульгарон. Фæлæ Нигер, йæ дуджы хъæбул уæвгæйæ, йæ дуг цы бæр- джытæ хаста, уыдоны рæзты æнæ фæстæмæ фæкæсгæ иæ ахызт. Кæд йæ куысты сæрæвæрæны раст хъуыдытæ загъта, уæддæр сыл кæроммæ уыцы растæй æнæфæцудгæйæ нæ ацыд. Пролеткульты эстетикон теорийы æндæвдадæй уыцы рæсчæ- джы литературæзонæны парахат уыд ахæм хъуыды, зæгъгæ, классикæ ног литературæйæн фæахъаз уыдзæн æрмæстдæр дæсныйадæй, уацмысы формæаразæг миниуджытæй, цы цард æвдисы, уый та у зæронд цард, æмæ мах пал цымыдис кæны. Уый хъуыддаг здæхта аивадон формæ уацмысы мидисæй хицæнæй æвæрынмæ, ног цардарæзты классикон ’ литерату- рæйы функцитæ къуындæггонд цыдысты хуымæтæджы форма- лон миниуджыты фæлгæтты. Ома классикон уацмыс цы заман кæсæм, кæнæ йæ хъусæм, уым ын йæ дæсныйадон аивдзииæд- тæ æнкъарæм хицæнæй, идейон-эстетикон æгъдауæй йæ нæ аиализ кæнæм, афтæмæй нын нæу цæвиттойнаг, ’райсннаг, фæ- лæ хицæнæй, куыд дæсныйаДон предмет, афтæ. Аивадон уац- мысмæ ахæм дывæрццаг ахаст дарын, йæ идейон æмæ аивадон иудзинад æмæ æнæхъæндзинад дихтæ кæнын,— иппæрд уыд уый æмткæй бамбарын æмæ банкъарыпæй. Ахæм метод уац- мысæн иуварс кодта йæ цардфæлгъауæн, цард-зонæн нысани- уæг. Нигер Къостайы тыххæй йæ уацы иумæйаг фарстатæй кон- кретон æрмæгмæ куы рахызт, уæд бафиппайдта: «Къостайы культурон бынтæй спайда кæныны проблемæ æрæвæргæйæ кæ- цырдæм хъуамæ скæнæм нæ цæстæнгас? Къостайæн йæ дæс- 1 «Маг дуг», 1935, №№ 3—4, 21 ф. .-88
ныйадмæ. Æмæ уый раст уыдзæн? О, раст уыдзæн»1. Фæлæ аивадон дæсныйад уæрæх^ хъуыддæгтæй æмбаргæ у, растдæр зæгъгæйæ та, аивадон уацмыс йæхæдæг æнæхъæнæй у дæсныйад, суанг йе ’рхъуыдыйæ райдайгæйæ. Уацы автор дзы райста, æрмæстдæр уæлвонгдæр фæлтæры чи ис, уый — дзырд- ты поэтикон арæзт, уый дæр идеологиимæ бабаста, афтæмæй: «Аивады формалон моменттæ сæхуыдтæг баст сты идеоло- гийыл. Эпитеттае, метафорæтæ, аллегоритæ, барстытæ — уыдон се ’ппæт дæр "сты баст идеологийыл»2. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, иу идеологи ивд куы ’рцæуы æнд^ер идеологийæ: уæд уыимæ уыцы идеологи æвдисæг дзырдтæ дæр ахауынц, нал вæййыиц. Пушкинæй цæвиттон æрхæсгæйæ, «Пчела из кельи восковой, Ле- тит за данью полевой», бафиппайдта: «кельи» æмæ «данью» сты метафорæтæ. Пушкин сæ райста иæ къласæй, цы ’хсæна- ды царди, уыцы ’хсæнадæй. Советон поэтмæ ^хæм метафорæгæ нæй, æмæ йæм хъуамæ ма уа, «кельи» нал сты, «дань» дæр нал ис. Царды цы нæуал вæййы, уый аиэады дæр «анв ахорæны хуызы» нал вæййы»3. Фыццаджйдæр уый, æмæ ам авторы хатдзæджы фæбæрæг ныхмæвæрд ахаст йæ раздæры хъуыдыимæ. Иугæр, куыд загъ- та, афтæмæй классиктæн ахуыр кæнын хъæуы æрмæстдæр сæ поэтикон дæсныйадыл, уыцы дæсныйад æвдисæг мадзæлттæ — «формалон моменттæ» та сæхæдæг баст сты идеологийыл, æмæ, уымæ гæсгæ, идеологиимæ базæронд вæййынц, нал фæхъæуыпц, уæд ма сыл ахуыр дæр куыд æмæ цæмæй кæной? Афтæмæй классикты дæсныйад дæр алы хатт райсинаг нæ уыдзæн. Дыккаджы та уый, æмæ царды цы нал вæййы, уый аивады дæр «аив ахорæны хуызы» нал вæййы, зæгъгæ, кæй загъта, уый нæ уыди æххæст раст, уымæн æмæ ахæм дзырдтæ-эпитеттæ, номхуындæй, аив ахорæны хуызы уæддæр фæцæрынц. Афтæ абоны ирон поэзийы цæрынц æмæ цæрДзысты «аргъуап» дæр æмæ «хъалон» дæр æмæ ма ноджы цы ’ндæр дзырдтæ æрхаста, уыдон дæр:.«Язык нужен поэзии весь всесторонне и во всех своих моментах, ни к одному нюансу лингвистцческого слова не остается равнодушной поэзия»4. Ам уæлдай у а^рмæстдæр -«лингвистикон дзырд», лингвистикон вæййынц æрмæстдæр тер- минтæ. Ахæм хъуагдзинæдтæ æмæ хъæндзинæдтæ сæ кæд уыд, уæддæр Нигеры литературон:критикон уацтæ 30-æм азты уыдысты æнæниз, позитивон хъуыды хæссæг. Къостайы поэти- кон сфæлдыстад Нигеры цæсты уыд аивдзинады бæрзонддæр дæнцæг, адæмондзинады иууыл æххæстдæр цæвиттон. Уыдон ын нымадта йе стæмдæр дæсныйадон миниуджытыл: «Ирон жвзаджы къæбицы зынаргъ æвæрæнæй цыдæриддæр уыди, уы- 1 «Маг дуг», 1935, №№ 3—4, 21 ф. ’2 Уый дæр уым. ч а Уый дæр уым, 24 ф. 4 М. М. Бахтин. К эстетнке слова. Контексты, 1973, с. 53. 89
дон Къоста йæхи бакодта. Фæлæ хицæн дзырдты, хорзæй хорз: уацмысы ’хсæн бирæ зæхх ис. Æрмæгæн дæсны хъæуы, мрамо- ры рæдзæгъдтæ архитектурон уацмыс нæма сты. Æрмæгæй ал- цы дæр йæ бынаты хъуамæ уа». Къостайы поэзи йæм уыд,. растдæр, ахæмыл нымад. Афтæмæй Къостайы традицитæ иртасыны хъуыддаг æрты- нæм азты фыццаг æрдæджы нæ критикæйы сси реалон домæн. Æрæвнæлдтой теоретикон æгъдауæй сæ бамбарынмæ æмæ сæг ирон литератуæйы рæзты хъуыддагмæ саразынмæ^ Хъус-дарын райдыдтой, поэты сфæлдыстады эстетикон хæрзхъæддзинæдтйе цæй мидæг уыдысты, .цавæр амæлтты фæрцы æфтыдысты- йæ къухы, уыдон рафæлгъауынмæ, .Фæлæ уыцы хъуыддаджы $'р- тынæм азты æмбис фæкъуылымпы кодта, Къостайы сфæлдьтс- тады алыварс вульгарон-социологон амæлттæй ногæй цы бьь цæу ныхас. сытынг, уый.. Хъуыддаг здæхт поэты • сфæлдыстадæн иудадзыгдæр идейон-политикон фæлгæтты аргъ кæнынмæ. Уы- мæй дæр быцæу, ныхасы куыд иутæ, афтæ иннæтæ дæр^ногæй шщыуал æфтыдтой, раздæр загъд цы ’рцыд, уыдонмæ. Уый уьгд,. дыууынæм азты чи райдыдта æмæ æртынæм азты чи нæма баса- быр, уыцы идеологон тохы æнхъæвзæн. Æрмæст поэты юби- леймæ цæттæ кæныны заман фæцырендæр. Нæ литературæйы бындурæвæрæджы сфæлдыстад зоныны хъуыддаджы нырма уыд зынгæ хъуагдзинæдтæ. Поэты амæлæтыл æртын азы сæххæсты бон цытджын æгъ- дауæй æрымысынмæ хи цæттæ кæныны рæстæджы журнал «Мах дуджы» банысангонд номыры мыхуыр уыд Цæголтьг Гиуæрг^йы уац дæр — «Стыр уарзондзинад æмæ хæрамдзи- цады поэт», зæгъгæ. Гиуæрги та ам дæр ногæй рухсмæ раха- ста йæ зæронд концепци Хетæгкаты Къостайы поэзийы фæ- дыл. Ирон адæмы стыр поэты амæлæтæй цы æртын азы рацыд, уыдон равдыстой, сæ уарзон хъæбулмæ адæмы арф уарзон- дзинад рæстæджы цыдимæ кæй тыхджындæр кæны, кæй ’по- пулярондæр кæны йæ поэзи. Гиуæрги уый уыдта æмæ йæ хъуамæ истыхуызонæй бамбарын кодтаид, йæ рагон æнæ- бындур концепцийыл куыд сфидыдтаид, афтæ. Æмæ рараз- мæ кодта ахæм демагогон хъуыды, цыма Къоста йæ поэзийæ стыр нæу, уый тыххæй ,йæ, мыййаг, нæ уарзынц адæм, фæлæ’ йæ уарзынц, сæ сæрыл хицæуттимæ кæй тох кодта, се ’фхæрд сын кæй нæ барста, уый тыххæй: «Йæ поэтикон кур- диатмæ гæсгæ Къоста уыйбæрц стыр нæ уыди... Нæ адæм Къостайы ’сæ зæрдыл дарынц æмæ йæ уарзынц йæ поэтикон курдиаты тыххæй нæ, йæ зæлланггæнæг рифмæйы тыххæй нæ..., йæ риуы цы егъау зæрдæ хаста æмæ сыгъди, уый тых- хæй... Æфхæрд æмæ æфхæрджытæм* ын уыд ахæм ахаст: фыц- цæгты уарзта æнæкæрон стыр уарзтæй, дыккæгтæм ын уыд æйæкæрон æнæуынондзинад». Къоста куыд стыр курдиат, дзыр- ды дæсны, ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бын- 90
дурæвæрæг, афтæ йæ æвæрдта дæлдæр: «Къостайæн йæ уыцы куыст (сфæлдыстадон,— Æ. X.) алы хатт не ’нцад фидар по- этикон могортыл»1. Цæголты Гиуæрги нæ рох кодта, фынддæс æмæ ссæдз азы размæ, ноджы фæстæдæр та — дæс азы раз- мæ, мыхуыры Къостайы ныхмæ цы хъуыдытимæ ралæууыд, уыдон, ома Къостайы силлабо-тоникон стих нæ бады, нæ фи- дауы ирон æвзагыл. Мæнæ уый йæ 1900 азы хъуьтды: «Къоста, сколько я заметил, придерживается тонического стихосложения. Мне же кажется, что законность тонического стиха для осетин- ского языка подвержена сильному сомнению»2. 1925 азы та фыста ноджы карздæрæй. «Стихотворная тех- ыика Коста в высшей степени неудовлетворительна. По стран- ной иронии судьбы этот несомненный поэт и основоположник осетинского дела вовсе не понял осетинского стиха. Он никог- да не пробовал нащупать этот стих». Æмæ дарддæр «Ирон -фæндыр»-ы тыххæй: «Ни одного места, ца котором можно бы- ло бы в отношении технической стороны стиха, отдохнуть хотя немного... всюду неправильности...»3. Хуыздæрыл нымадта ирон æвзагæн метрикон стих, нæ хынц- та, канд Къостайæн йæхи поэзийы æппæтадæмон популя- рондзинад нæ, фæлæ æгас ирон поэзи дæр, Къоста йын цы тра- дици скодта, уыцы фæндагыл кæй ацыд, уый. Уæдæ афтæ: Нигер, Къостайы сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, цы хъуыды раразмæ кодта, ома, Къоста адæмæн уарзон у, канд хæдхæцæг паддзахы ныхмæ кæй тох кодта, уый тыххæй нæ, фæ- лæ стыр дæсны поэт кæй уыд, йæ хуызы ирон’адæм сæ национ культурæйы райгуырæн бон, сæ царды уалдзæг кæй уынынц, уый Цæголты Гиуæрги æнцад-æнцойæ иуварс æрæвæрдта. Ноджы ма йæ ахæм азымы дæр бадардта — æмæ уый дæр уыд йæ зæронд фæсауæрцтæй, цыма Къоста хæцыд Ирыстоны жлдæртты сæрыл, Гиуæрги та уыд сæ цыфыддæр знаг, æмæ йæм Къоста мæсты кодта уый тыххæй. Ахæм хуызы аргъгонд <æрцыд Къостайы сфæлдыстадæн «Ли- тературон энциклопеди»-йы дæр. Фæндзæм томы Фæрнион Къ. æмæ Абайты И. Къостайы тыххæй цы сæрмагонд уац ныммы- хуыр кодтой, уым равдыстой поэты сфæлдыстадмæ æмткæй Ирыстоны пролетарон фысджыты ахаст æмæ хицæнæй сæхи цæстæнгас литературон :бынтæм. Дыууынæм азты литературон диспутты æмæ дискусситы цы дзырдтой поэты тыххæй, стæй æнæуи дзыхæй-дзыхмæ кæй хастой, уыдон ам реализацигонд æрцыдысты æххæстæй. Автортæ фæстæ нæ фæлæууыдысты Къостайы «национализмтæ» æмæ «мистицизмтæй» рахонынæй, «национ интеллигенцийы реакцион фæлтæрты хотыхæй» йæ ра- юидынæй. , 1 «Мах дуг», 1935, №№ 3—4, 28—29 фф. 2 Газ. «Северный Кавказ», 1900, № 11. 3 Известия Осетинского института краеведения, 1925, т. 1, с. 108. §1
Уыцы идейæтæ ноджы парахатдæрæй сæхицæн бынат ссард- той бацамынд рауагъды 8 томы Дзагуырты Губадийы уац «Ирон литературæйы тыххæй»1, зæгъгæ, уым. Губади дыууынæм-æртынæм азты арæх цы литературон- критикон уацтæ мыхуыр кодта Ирыстоны газеттæ æмæ жур- налты, уæлдайдæр та æвзонг пролетарон фысджыты сфæлдыс- тады тыххæй, уыдоны бæлвырдæй зыны йæ эстетикон ахаст æмткæй поэтикон сфæлдыстадмæ. Губади уымæ кастис, куыд адæймаджы алфамблай дуне эстетикон æгъдауæй æвдыст кæм цæуы, адæймаг æмæ рæстæг æмиу кæм кæнынц, ахæм процес* смæ нæ, фæлæ куьтд цахæмдæр психологон рефлексты архайд- мæ, нормативон канонты фæткмæ. Уымæй бæрæг кодта йæ кри- тикæйы иумæйаг социологон æууæл кæройнагдæр, моментгы гуымиры вульгаризмимæ. Йæ метод иууыл æххæстдæр хуызы разынд, литературон энциклопедийы кæй ныммыхуыр кодта, уыцы уацы. Губади дард лæууыд ирон литературæйы рæзты процесс историон æгъ- дауæй; рафæлгъауыны хъуыдымæ. Литературæйы рæзты фæл- Гæртæ æмæ йæм хицæн фысджыты ’хсæн сфæлдыстадон баст- дзинад уыд æппын нæйы хуызæн. Уац куыд адихтæ кодта хи- цæн периодтыл, афтæ ахицæн рæстæг йæхæдæг дæр æмæ уы- цы рæстæджы мидæг литературæ æмæ фысджыты сфæлдыс- тад дæр; алчи дæр сæ уыд йæхи цахæмдæр, автор ын кæй схай кодта, уыцы политикон (растдæр зæгъгæйæ та — аполитикон) уæвынады, æмæ сын уым хаста йæ карз тæрхон. Афтæмæй ирон фысджытæ—Æгъуызаты Иуанейæ суанг Гæдиаты Цомахъмæ иууылдæр уыдысты идейон æгъдауæй сахъатджынтæ, бæрæг нæ уыд сæ ахадындзинад дзыллæты культурон-революцион змæлды; Æгъуызаты Иуане йын уыд «царизмы фарс хæцæг æмæ Кавказы уый колониалон политикæ активонæй æххæстгæ- нæг æлдар-аристократ», йæ поэмæ «Алгъуызы кадæджы» сæй- раг идейæ — «монархизм, национализм æмæ чырыстон дин». Пысылмон диныл хæст ирон адæмы иу хайы Туркмæ лы’гъ- ды трагикон цаутæ æвдисæг Мамсыраты ТеМырболаты сфæлды- стад ын уыд «алидзæг æлдæртты пессимистон сагъæстæ», «на- ционализм æмæ дин». Хъаныхъуаты Иналы- сфæлдыстад — «кæрæй-кæронмæ ирон æлдæртты» «стыр ивгъуыдыл» катай». Цыма «Мамсыраты Темырболатæн уый тугхæстæг уыд йæ кълассы бындурзылдыл сагъæсы пессимизмæй». ч Уырыссаг æфсады хъæбатыр афицер, уырыссаг-япойнаг хæ- сты чи фæмард, уыцы Гуырдзыбеты Бласкайы ^поэтикон сфæл- дыстады сæйраг мотивтæ— «монархизм, Кавказы ’мидæг хæд- хбецæгады политикæ, -дин æмæ ирон адæмы талынг æгъдæут- тыл иузæрдыгдзинад». Ирон прозæйы бындурæвæрæг, социалон" æмæ национ æнæрастдзинады ныхмæ удуæлдайæ тохгæнæг 1 Литературная энциклопедия, 1934, т. 8, с. 327—337. 02
Гæдиаты Секъайæ такомкоммæ загъта: «Уый уыди национа- лист, чырыстон дины активон миссионер». Хуыздæр дзырдтæ не ссардта ирон литературæйы иннæ фысджытæ — Токаты Алихан, Малиты Гиуæрги, Нигер, Гулу- ты Андыри, Тлатты Хох, Къубалты Алыксандр, Брытъиаты Елбыздыхъо, Барахъты Гино, 'Коцойты Арсен, Гæдиаты Цо- махъ æмæ æнд. тыххæй дæр. Цæмæй Хетæгкаты Къостамæ къухбакæнынæн хуыздæр ■амал уыдаид, уый тыххæй уал æй фыццаг рахуыдта феодалты, уæздæтты ’хсæнадæй рацæуæг, уый фæстæ дзы загъта — «сид- тисирон адæмы иудзинадмæ, кълæсстæ æнæвзаргæ», уыдис, дам, либералон буржуазийы идеолог, националист, дингæнæг, контрреволюцион идейæтæ хæссæг æмæ а. д. Ахæм хуызы аргъ* кодта .ирон литературæйы хицæн этаптæ æмæ фæзыпдтытæн дæр: 1905—17 азты ирон литературæ «нырма хъацыдджын уыд национализмæй», фæсреволюци (1922—23) —«кълассон знагиуæггæнæг идеологийæ», «патриархалон цардуаджы идеа- лизацийæ». Нæ литературæйы истори æмæ фысджыты сфæлдыстад по- литикон «æгъдауæй компрометаци кæныны фæстиуæгæн ирон советон æвзонг литературæ иппæрд цыд йæ ивгъуыдæй, йæ суадæттæй. Нæ литературæиртасджытæ æмæ критикты бахъуы- ди Къостайы сфæлдыстады идейон сыгъдæгдзинады сæрыл сдзурын, кæд-иу алцæмæй æнæлаз нæ уыд сæ ныхас, уæд- дæр. Къостайы’ сæрыл чи дзырдта, уыдон дæр-иу ын йæ цæстмæ бадардтой иу хъуагдзинад — «иппæрд уыд йæ дуджы револю- цион марксистон змæлдæй», «марксизм-ленинизмы хæцæнгарз райсын нæ базыдта йæ къухмæ» æмæ а. д. Къоста марксист нæ уыд, фæлæ йæ зондахаст революцион- демократон кæй уыд, уый руаджы йæ дунембарынад, йе сфæл- дыстадон архайд æмæ поэтикон идеалтæ ныхмæдзыд нæ уыды- сты кусæг змæлдимæ, ноджы арфдæр та — Къоста хæстæг кæй балæууыд Уæрæсейы пролетарон революцийы заманмæ (йæ иу æмдзæвгæйы арцмæ кæй сидт, уый дæр æнæнхъæлæджы нæ уыд), уый нæ хынцтой. Къостайы сфæлдыстад йæ зыгъуыммæгæнджыты фаутæй бахизыны хъуыддагыл рæстдзинад фæлгъауæг уыд Тыбылты Алыксандр. Иæ мидисджын уац «Ирон литератураейы бынду- рæвæрæг», зæгъгæ, уым цыбыртæй, фæлæ бындуронæй æрлæу- уыд поэты сфæлдыстады сæйрагдæр фарстатыл. Кæ^д комком- мæ никæй кой кодта, уæддæр зын рахатæн нæ уыд йæ мидпо- лемикон ахаст. Къостайы критикæгæнджытæ хъуыддаг раст не ’мбаргæйæ фау хастой йе ’мдзæвгæамадмæ, аккаг æй нæ кодтой ирон æв- загæн. Алыксандр уый тыххæй загъта: «Мæгуыр æмæ æдыхыл Цы ирон æвзаг нымадтой, уый Къостайы’ курдиатджын къухты -93
тыхджын æмæ рæвдзæй рацыди. Ирон æвзаджы Къоста сдзу- рын кодта тыхджын æмæ рæсугъд поэтикон хъæлæсæй»1. , Къостайæ тауыс кодтой, зæгъгæ йæ адæм сæ зæрдæмæ арф айстой йæ поэтикон курдиаты руаджы нæ,—æмрæстдæр, цар- ды сæ сæрыл кæй дзырдта, уый тыххæй. Алыксандр загъта: «К-ъостайы уацмыстæ дзаг сты хъуыдыйæ, арф ифтонг сты по- этикон дæсныйадæй. Уыцы дыууæ миниуæджы фæрсæй-фæрс- тæм лæууынц Къостайы уацмысты, кæрæдзийæ сыи фæхицæнгæ- нæн нæй»2. , Къостайыл мысыдысты, зæгъгæ, уый уыд феодалты, уæздæт- ты ’хсæнæй рацæугæ. Алыксандр уый тыххæй дæр бафиппайдта: «Къоста уыд фидар тæгтæй æмхæст Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæтимæ. Уый тынг хорз æмбæрста дзыллæйы зонд æмæ зæр- дæйы ахаст»3. Дыууынæм азты Алыксандр йæхæдæг дæр æххæст раст хах- хыл нэе лæууыд Къостайы интернационалон цæстæнгасы фарс- ты. Ныр æм нал <уыд мисхалы бæрц дызæрдыгдзинад дæр æмæ загъта: «Къоста никуы уыд йæхи адæмы хъузджы... Адæм æф- сымæрæй цæрдзысты,— уый хуызæн ницæмæ бæллыд Къоста, уымæй стырдæр хæрзиуæгмæ уый ницæмæ каст»: Алыксандр банысан кодта Къостайы поэзийы ахъаззагдæр миниуджытæ, ирон поэзимæ традицийы хуызы чи ’рбахызт æмæ йæ дарддæры рæзты фæндагсарæн кæй хæссы, уыдон. Алыксандр ракодта йæ поэтикæйы иуæй-иу фарстыты кой дæр, уыдон нæ уыдысты йæ сæйраг ныхасаг, фæлæ дзы уæддæр- бапысан кодта кæцыдæрты, æвæццæгæн, йæхæдæг йæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæй иста, уыдон. Ам ’мæм быцæуаг кæсы æрмæст йæ иу хъуыды, афтæ кæй загъта, зæгъгæ, Къоста «йæ хуыздæр уацмыстæ систа комком- мæ адæмон сфæлдыстадæй», «йæ эмоцитæ æмæ йæ хъуыдытæ кæддæриддæр ауадзы ирон æвзаджы адæмон джиппы». Кьостайы ахаст адæмон сфæлдыстадмæ æмæ ирон адæмон æвзагмæ уыд бæрæг вазыгджындæр. Къоста стыр поэт уымæйу, ирои литературон æвзаджы бындурæвæрæг уымæн у, æмæ йæ эмоцитæ, йæ хъуыдытæн æвзаджы джипп йæхæдæг арæзта, ин- дивдиуалон поэтикон джипп. Адæмон сфæлдыстадæй комкоммæ нæ иста йæ уацмыстæ, фæлæ сæ уагъта йæхи джиппы, лæмбы- нæгæй куыста сæ мидис æмæ сæ формæйыл, уыдон сты алцæ- мæй дæр индивидуалонгонд, профессионалон литературон уац- мыстæ, реалистон типизацийы закъæттæм гæсгæ фыст, кæд-иу хатт сæ темæтæ адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадæй иста, уæддæр. Алыксандр ма æрлæууыд ноджы иу цымыдисон фарстыл, уый у аивады хуымæтæгдзинады фарст. Къостайы æмдзæвгæти- 1 «Фидиуæг>, 1936, № 4, 66 ф. 2 Уый дæр уым, 67 ф. 3 Уый дæр уым. 94
мæ бастæй йыл кæм дзуры, уым йæ ныхас здæхт у æрмæст фор- мæаразæг миниуджытæм, æмдзæвгæты стилмæ, дзырдтæм, уац- мыс «хатиаг æвзагæй» фыст хъуамæ ма уа, зæгъгæ, фæлæ йæ те- зисы хуызы кæм æвæры, уым 1ын дæтты иумæйаг хъуыды, ом’а, -«поэтикон уацмыс цас хуымæтæгдæр уа, æнцондæр æмбарæн уа, уыйас хуыздæр вæййы уый, аивдæр вæййы; поэтикон аива- дæн йæ бæрзонддæр хуыз, йæ хистæр хуътз уыдзæн йæ хуымæ- тæгдзинад». Ам хуымæтæгдзинад хауы, канд формæаразæг æмæ формææвдисæг миниуджытæм нæ, фæлæ æххæссы арфдæр^ æвæрд цæуы куыд аивады эстетикон категори, афтæ. Алыксандры тезисы ис, æххæстæй цæимæ не сразы уæм, ахæм хъуыды æвæрд: «Цас поэтикон уацмыс хуымæтæгдæр уа, æнцон- дæр æмбарæн уа, уыйас хуыздæр вæййы»1. Аивадæн цардмæ æмæ офæлдыстадон удгоймагæн та аивадмæ дæр æмæ цардмæ дæр цы вазыгджын ахастытæ ис, уьгдон алыхатт хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн хуызы æвдыст цæуой, уый гæнæн иæй. Мах фæ- дзурæм: «Абоны адæймаджы вазыгджын миддуне». Æмæ уый кæд æцæгæй афтæ у, уæд уыцы «вазыгджын миддуне» хуымæ- тæг хуьгзы куыд, стæй цæмæн хъуамæ æрцæуа æвдыст? Æнцон- æмбарæн та, аивадон уацмысимæ хъуыддаг кæй уа, уымæн у йæхимæ гæсгæ дæр. Дунеон литературæ æмæ аивады дæр цас ис, «хумæтæг» чи нæу, йæ «вазыгджын» æмæ йæ «зынæмба- рæн» хъуыстгонд кæмæн сты, ахæм уацмыстæ, ’ фæлæ уыйадыл сæ ахадындзинад къаддæр нæ кæны. Къостайы сфæлдыстады алыварс алыхуызон идейон быцæу- ты атмосферæйы рæстæвзарæг цыргъ полемикон ахаст уьгдис Цæголты Аннæйът уацæн «О творчестве Коста Хетагурова», зæгъгæ. Зæгъæн ис, рæстæджы уылæн йæ сæрьгл кæй рахаста, нæ уыцы иуæй-иу хъæндзинæдтæ дæр ьгн куьг бахынцæм, уæд- дæр Цæголоны уац кæй уыд Къостайы сфæлдыстады тыххæй йæ рæстæджы иууыл уæрæхдæр æмæ æххæстдæр куьгст. Уым рав- зæрста æмæ саргъ кодта поэты æппæт жанртьг фыст уацмьгстæн дæр, йæ прозæ æмæ публицистикæйæ фæстæмæ, лæмбынæг, æл- вæст ныхасæй æрдзырдта поэты идейон-эстетикон цæстæнгасыл. Бацысан кодта, Къостайы сфæлдыстадон бътнтæн цы ахсджиаг пысаниуæг ис ног социалистон культурæйы, уьгй. Цæголон йæ ныхас райдыдта, поэты сфæлдыстады фæдыл цы рæдыд хъуыдытæ æрцыд загъд, уыдон иуварс кæнынæй. Къо- стайы сфæлдыстад уæлæнгай иртæст кæй уьгд, йæ æрфытæм ын кæй ничима нывнæлдта, уый аххосæй ирон ’литературæзонæны нæма уыди уый фæдыл иу бæрæг-бæлвырд, зонадон æгъдауæй дырыс цæстæнгас. Уый та фадат лæвæрдта алыхуызон æнæраст хъуыдытæн йæ критикæгæнджыты ’рдыгæй. Нырма дæр, фьгста Цæголон йæ уацьг, бирæтæ гуымиры æгъдауæй зыгъуыммæ кæ- нынц поэты сфæлдьтстадон цæсгом æмæ цæвиттонæн бацамы/гга, Дзагуырты Губадийьт, уæлдæр йæ кой кæмæн ракодтам, уыцы 1 «Фидиуæг», 1936, № 4, 69 ф. 95
уац «Литературон энциклопеди»-йы. Цæхгæр хуызы бахахх код- та уыцы уацы рæдыд, æцæгдзинад зыгъуыммæгæнæг ахастг «Вся названная статья представляет со’бой плохой, искажающий действительность перечень справочно-биографического характе- ра осетинских поэтов без каких бы то ни было указаний на со- циальное значение и степень художествениости произведений, псречисляемые в статье автора. При этом уже интересно и то, что в перечне Къоста занял самое последнее место. Из перечня Губади Дзагурти нельзя уяснить себе, кто же важнее для осе- тинской литературы: великий революционный демократ, заму- ченный царизмом поэт, творчество которого звало задавленные крестьяцские горские массы на борьбу с царизмом, или же поэт типа Блашки Гурджибекова, творчество которого по свидетель- ству самого Губади Дзагурти, носило монархиче’ски-охранйтель- иый характер. Дзагурти лишь вскольз роняет, что «произведе- ния Коста имели, и то в свое время, революционное значение», поддерживая при этом, что «некоторыми сторонами его творче- ства воспользовалась контрреволюция в Осетии»1. Цæголон разы нæ уыд, иуæрдыгæй, Къостайы хъæздыг æмæ алывæрсыг сфæлдыстад фылдæр йæ биографион факттæй чи æмбарын кодта, афтæмæй йыл ирон адæмъг царды æцæгдзина- дæй æддæдæр чи хæцыд, уыдонимæ. Иннæрдыгæй та йæм, ба- рæй æви æнæбары, уæддæр пролетарон фыссæджы домæнтæй чи цыд æмæ йæ абоны цардæн æцæгæлон чи кодта, уы^онимæ. «Разумеется, никак нельзя согласиться и с теми, кто пытается объяснить все богатство и многообразие творчества Коста сугу- бо биографическими факторами, отгораживая его таким обра- зом от всех условий осетинской действительности, стремясь представить Коста, как «чистого» лирика, поэзии которого чуж- ды какие бы то ни было «гражданские мотивы». Æмæ дарддæр: «Нельзя согласиться и с теми, кто пытается причесать Коста под пролетарского писателя, впадая тем самым в протнвополож- ную крайность»2. Нæ уыдысты раст, поэты ирон æмæ уырыссаг сф’æлдыстады ’хсæн цæхгæр ’арæн чи æвæрдта, кæрæдзийæ сæ хицæн чи кодта, уыдон дæр. Уый тыххæй тынг раст бафиппайдта: «Совершенно не правомерно подобное деление, ибо очевидно, что своеобразие творчества обусловливается не столько тём, накаком языке писал тот или иной автор, сколько характером идёй и образов, кото|)ые нашли свое выражение.в творчестве»3. Алы( конкретон фарст дæр домы йæ равзарынæн конкретон мадзæлттæ, конкрётон уавæртæ. Тыбылты Алыксандр æмæ 'Бе- къойты Гиуæрги 1925 азы Гулуты Андьгри æмæ Малиты Гиуæр- гийæ куы домдтой, цæмæй сæ уацмыстæ ,иронау фыстаиккой, . ’ Труды ЮОНИИ, 1936, т. II, с. 34. 2 Уый дæр уым, 35—36 фф. 3 Уый дæр уым, 36 ф. 9Р
уæд уый уыд æмбæрстгонд. Критиктæ хынцтой поэттæн куыд’сæ- хи субъективон сфæлдыстадон авналæнтæ, афтæ объективон фа- дæттæ дæр: уыдонæн сæ уырыссаг уацмыстæн нæ уыд ахæм аха- дындзинад, сæ ирои уацмыстæн цахæм ахадындзинад уыд, иро- на^ фыссын æмæ мыхуыр кæнынæн та сæ мур дæр ницы хъыг- дардта. Фæлæ Гулуты Андыри фæстæдæр йæхæдæг уыцы барæ- нæй куы барста Къостайы уырыссаг сфæлдыстад æмæ Къоста’йы фадæттæ, уæд уый нæ хынцта копкретон хъуыддæгтæ, нæдæр’ курдиаты мидæг æмæ нæд&р историон царды уавæрты мидæг. Уыцы хъуыддаджы Цæголон йа^хæдæг дæр фегæр, æмæ аф- тæ чи дзырдта, зæгъгæ, фыссын хъæуы мадæлон æвзагыл, уы- дон æнæхъуаджы азым кодта «вгликодержавон национализ- мæй». Къостайы тых.хæй Цæголон æмткæй йæ концепци амадта, поэт цы реалон уавæрты цард, цы социалон-политикои æмæ æх- сæиадон-историон ахастыты фæстиуæг уыд йе сфæлдыстад, уый бындурыл. Иæ уацмысты æрмæг, зæгъгæ, иста йæ алфамблай царды æнæгдзинадæй, уырдыгæй æвзæргæ сты йæ сæйраг мо- тивтæ: æнæзæхх, цагъайраджы куыст, зынтæй æмæ хъыгтæй йе ’мыдзаг цард. Уыимæ мæгуырдзинад хуымæтæджы эмпирион æгъдауæй не ’вдыста, фæлæ йын, зæгъгæ, æргом кодта йæ аххо- сæгтæ: иуты мæгуырдзипад у иннæты хъæздыгдзинады фæсти- уæг. Афтæмæй Къостамæ мæгуырдзинад æвдисын у &хсæнады социалон ныхмæдзыдтæ æргомгæнæг, бæгънæггæнæг. Поэт бæл- вырдæй уыны æхсæнады социалон фæлтæртæ æмæ сæ кæрæ- дзийæ иртасы сæ антагонистон характермæ гæсгæ. ^Рæдыдылнй- майьт, афтæ чи дзырдта, Къоста нæ хицæи кодта ирон адæмы æлдарæй, фæрссагæй æмæ фыста: «Он выступает идеологом ре- волюционной части крестьяпства»1. ’ Фæлæ уыцы иу рæстæджы Цæголон фиппайдта: «Его всю> жизнь мучило трагическое несоответствие жизни и поэзии, его мечты и действительности. Этим объяснялись его иденные сры- вы, мимо которых мы ие вправе были бы пройти»2. Царды мидæг Къостайы бæллицтæн бынат кæй нæ уыдг цард куыд уыд, афтæмæй йæ йæхицæн адджыныл кæй нæ ны- мадта, уый раст у, æппынфæстаг, поэты сфæлдыстады идейон мидис æмæ æмбæстагон пафос сæрæй кæронмæ æнцой кодтойг поэты «æз» æмæ алфамблай царды ’хсæн ныхмæвæрд ахастыл-. Фæлæ йын уый йæ «идейон къуыхцыйыл» кæй нымадта, уый* раст нæ уыд. Ие сфæлдыстады сæйраг апп ын рæдыдæй рахуыд- та йæ «идейон къуыхцыты» аххосаг. Мæнмæ гæсгæ, Цæголон ам комкоммæ райста Бекъойты Гиуæргийы рæдыд.хъуыды «идейæ- йы карз домæнтæ æмæ сæрибар’ поэтикон фантазийы тырнæнти ’хсæн быцæуы» фарсты3. 1 Труды ЮОНИИ, 1936, т. II, 38 ф! 2 Уый дæр уым. 3 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, 1925, 1 т., 131 ф. 7"3аказ № 59 9Ф
• Уыцы «идейон къуыхцытæ» цы уыдысты, уыдоц кой нæ кæны ^автор; уымæ гæсгæ зын зæгъæн у, йæ зæрдыл цы дардта. Æр- мæст иу-цалдæр раны бафиппайдта, зæгъгæ, поэты уацмысты кæмдæрты æмбæлæм национализм æмæ пессимизмы тæвагыл. Æмæ кæд уыдонмæ амыдтой йæ ныхæстæ, уæд сæ бындур цæй- бæрц уæлæнгай уыд, уый хурæргом у. Фæлæ ам сæйрагæн уый, хъæуы банысан кæнын, æмæ уыцы «къуыхцытæн» уацы автор ^ сæ объективон аххосæгтæ сæргом кæныныл кæй архайдта. Зæр- ,дыл дарыи хъæуы уый дæр, æмæ Цæголон дзырд «национализ- мæй» кæй пайда кодта хи адæмы уæлдай уарзтæй уарзыны ми- диеы, искæмæн дзы фыдахъаз ракæна, уый цæстæй йæм нæ каст. . Фарст уый фæлгъауы конкретон уавæрты, ома чысыл адæм- тæ, уыдонимæ ироп адæм дæр, царизмы рæстæджы æфхæрд æмæ ссæст куы æййæфтой, уæд*. Поэт йæ райгуырæн Ирыстон иинæ дунейы ныхмæ кæй æвæрдта æмæ йæ уарзтæй уымæнфыл- дæр хай кæй лæвæрдта, уымæн дæр, зæгъгæ, йæ аххосаг уыд уый мидæг. * Афтæ уыд йæ пессимизмы хъуыддаг дæр. Уыдон æм сæ дыу- уæ дæр баст сты кæрæдзийыл: йæ райгуырæн бæстæ хæдхæцæг паддзахы къæхты бын цы уæззау æфхæрд æййæфта, уый поэты уддомдта, фæлæ йын йæ бон ницы уыд (баххуыс кæнын, цы са- рæзта, уый та йæм фаг нæ каст. Хатт-иу афтæ дæр ахъуыды код- та; цыма йæ тыхтæ хардз кæны æнæхъуаджы, ницы. марынц йæ фыдæбæттæ. Уый йыл, бæгуыдæр, æндæвта, къуындæг ын кодта \\ъ уды тырнындзинæдтæ, арф сагъæс æмæ-иу катайы бахауд. Æгæрыстæмæй, йæ тæккæ тыхыл куы уыд, Ирыстоны стыр зарæг- гæнæг куы уыд, уæддæр æм, дæс æмæ ссæдзаздзыд лæппулæгæй йæ райгуырæн бæсты раз цы стыр лæггад кодта, уый æгъгъæд еæ каст: Тридцать лет, а уж жизнь надоела, Нет желанья страдать и любить. Не могу отыскать себе дела... Разве только без просыпу пить. * Фæлæ Къоста нæ уыд, йе ’дых æмæ йæ ныфссасты фыдæй катайы чи бахаудаид, ахæм адæймаг, уый тыххæй æрхæссæн йс <<бирæ цæвиттонтæ йæ цард æмæ йе сфæлдыстадæй дæр. • Цæголон уыйадыл фыссы: «Лучше, чем многие современные «критики», Коста созпавал причины своего уныния и грусти, а порою и разочарования. И еслн иньге пытались объяснить ми- норные настроения Коста мыслями о смерти, то это былослед- <€твием полнейшего непонимания социальной природы творче- ства Коста. Напротив того, данные всей его поэтической и об- щественной деятельности говорят о том, что пессимистические настроения и мыслн о смерти были следствием всей совокуп- ности социальной обстановки и социальных отношений, кото- рые окружали поэта»1. 1 ЦИЗИИ-ый Уацхъуыдты чиныг, 1925, I т., 40 ф. 48
Фæлæ, зæгъгæ, æнкъард сагъæстæ нæ уыдысты йе сфæлды- стады бæрæггæнæн, сæйраг ын уыд сæрибармæ, мæгуыр адæ- мæн сæ талынг цардмæ рухсы цъыртт бахæссынмæ тырнындз’и*- над, æмæ йын уый лæвæрдта хæстон лæджы ныфс, цæрыны ныфс: «Я смерти не боюсь», йæ иу æмдзæвгæйы цæйау фыста. Цæголон Къостайы лирикæйы сæйраг миниуæгæн иста йæ æхсæнадон-политикон характер, уый уыди, зæгъгæ, зæрдæйьг судзгæ хъыгтæ æмæ мæстытæй йе ’мыдзаг социалон лирикæ. Йæ размæйы критиктæ Къостайæн сæйраджыдæр аргъ код- той йæ лирикон поэзимæ гæсгæ, уый йын нымадтой йе стыр- дæр сфæлдыстадон æнтыстыл, йæ драмæ «Дуня» æмæ поэмæ- ты кай-иу кæд исчи ракодта, уæддæр фылдæр факт констата- , ци кæныны хуызы, сæ нысаниуæг та сын уый бæрц рæгъмæ* рахæссинагыл нæ нымадтой. Цæголоны хъуыдымæ гæсгæ, поэты драмæ «Дуия» æмæ йæ поэмæтæ дæр къаддæр ахадгæ нæ уыдысты нæдæр сæ мидис- мæ, нæдæр сæ аивадон хæрзхъæддзинадмæ гæсгæ. Уыдоны ми- дæг дæр Къоста иузæрдыг у йæ курдиат æмæ йæ зондахастыл. Цæголон ноджы сæрмагондæй бахахх кодта йæ уыцы хъуыды, зæгъгæ, Къостайæн йæ уырыссаг сфæлдыстад дæр у бæрзон- даивадон. Къоста, зæгъы, кæд алы жанрты Куыста, уæд уыГг тыххæй, мыййаг, нæ, æмæ йæ куыстфæразондзинад кæнæ арæхст- дзинад равдисынмæ хъавыди, йе та йаем фылдæр æфтиаг æрбахауыны тыххæй дæр нæ уыд, фæлæ уымæн, æмæ «много- гранный талант Коста не мог уложиться в рамки одного ка’- кого-либо литературного жанра»1. Къостайы сфæлдыстад иртасæг банысан кодта драмæ «Ду- ня» æмæ поэмæ «Фатимæ»-йы дыууæ сылгоймаджы ’хсæн идейон тугхæстæгдзинад, уыдон, зæгъгæ, сæ дыууæ дæр сты, æнусты дæргъы æбар, талынг кæй аххосæй уыдысты, уыцы’ кълассон моралыл сæ къухсисæг сылгоймæгтæ. Сæ фæлгонцтæ æвдыст æрцыдысты цыргъ сюжеты руаджы уæрæх цард æмæ- æхсæнадон контексты, сæ зондахаст, сæ дунембарынадмæ гæс- гæ сты ног интеллигенцийы развæдгæнджытæ. Сæрибар, æнæ- зæрдæхудт фæллойæ гуыргæ сты сæ мораль æмæ сæ хæрзæгъ- даудзинад. Автор банысангонд уацмысты Дуня æмæ Фатимæйы фæл- гонцтæ бары, поэты лирикæйы цы сылгоймаг фæлгонцтæ ис, уыдонимæ æмæ раст бафиппайдта, фыццæгтæн сæ социалон- политикон тенденци æргом бæрæг кæй у, уый. Иæ лирикæйы сылгоймаг хъайтартæ уый нæма æвдисынц, уыдонæн сæ про- тест у пассивон. Уымæй драмæ «Дуня» æмæ поэмæ «Фатимаа» ахсджиаг бынат цхсынц Къостайы сфæлдыстады, уæлдайдæр та фæстаг уацмыс. Ам аивадон фæлгонцты хуызы бæлвырдæй æвдыст æрцыд, европæйаг капиталы хъомысæй куыд хæлды- сты хæххон æхсæнады мыггагон- патриархалон ахастытæ æмæ- 1 ЦИЗИИ-ый Уацхъуыдты чиныг, 1925, I т., 41 ф. 1)9
*сæ бынаты куыд æвзаррди ног, буржуазон цардæвæрды æууæл- тæ æвдисæг ахастытæ. Æндæр хъуыддæгтимæ иумæ уыдон се- мæ хастой сылгоймаджы эмансипацигæнæг бартæ дæр. Поэмæйы уыцы миниуæг бахынцгæйæ Цæголон банысан кодта, зæгъгæ: «Повесть, несмотря на романтический тон, име- <ет большое познавательное значение, верно охватывает раз- ли,чные стороны патриархальной старины, не говоря уже о том, что в ней слышен вызов вековым традициям, вызов сословным предрассудкам»1. Бæрæг у, ахæм объективон, раст ныхасы фарс- мæ алыхуызон æнæбындур фаутæ кæй ницыкарстой; куыд, зæ- гъæм: «Фатимæ» цымыдисон у æрмæстдæр йæ музыкалондзи- надæй, йæ мидисæй бирæ ницы ахады» (Гулуты Андыри). ^Къостайы сфæлдыстадæн -аргъ кæнгæйæ Цæголоны уацы æвæрццæг миниуджытæй иу уый у, æмæ дзы кæрæй-кæронмæ яенæаскъуыйгæ тагау кæй хæссы иу бæрæг-бæлвырд цæстæнгас, бæрæг-бæлвырд домæн. Уый уыд поэты сфæлдыстады кæддæ- риддæр æмæ кæцырандæриддæр социалон идейæ уынын. Ууыл баста æмæ уырдыгæй хаста уацмысæн йæ. иннæ æппæт миниу- джытæ дæр. Фæлæ йæм уымæн, социалон критикæйæн, нæ уыд, мыййаг, развæлгъау барст баерц, бирæ кæмæдæрты куыд уыд, ^фтæ. Уыдон-иу развæлгъау уацмыс уыцы барæнæй сбарстой, стæй-иу ын уый фæстæ къуыхтæ кæнын райдыдтой йæ уæлдай бынæттæ, кæд-иу уыцы барæн не ’ййæфта, уæд та йæ ивазгæ кодтой. Уый уыд социалон критикæ вульгаризацигæнджыты ме- тод. Цæголонæн социалондзинады барæн лæвæрдта уацмыс йæ- хæдæг, йе ’ппæт компоненттæ æмиу кæй уыдысты, уый. Уыцы социалондзинад уый уыны, поэт ирон æвзагмæ цы уац- мыстæ тæлмац кодта, уыдоны мидæг дæр, «и здесь он преследо- вгл определенные социальные цели»2. . . Афтæ йæм уыд адæмон темæтæ æмæ мотивтæй пайда кæны- ны хъуыддаг дæр. Се ’ппæтæн дæр сæрæвæрæн у иу сæйраг, æп- иæт бæрæггæнæг хъуыды: мæгуыр фæллойгæнæг адæмы бартæ хъахъхъæнын, уæздæтты, хъæздыджыты æнæгъдау æмæ кæрæф- дзинад хурмæ хæссын. Поэт йе ’ргом адæмон сфæлдыстадмæ цы нысæнттæ æмæ аххосæгтæм гæсгæ здæхта, уый уацы автор нымайы ахсджиаг идейон-сфæлдыстадон хъуыддагыл: «Самое юбращение Коста к фольклору было совершенно закономерно л обусловлено его оформившимся мировоззрением идеолога крестьянской демократии. В поэзии Коста фольклор входит не ’С внешней стороны, не как красивая заставка, не как орна- мент — он обращался к фольклору, интересуясь не этнбграфи- ческой стороной... В поэзию Коста фольклор входит как худо- жественное выражение крестьянской идеологии»3. 1 ЦР13Р1И-йы Уацхъуыдты чиныг, 1925, I т., 49 ф. 2 Уый дæр уым, 42 ф. 3 Уый дæр уым, 50 ф. ДОО
Уыцы идейæ æмæ идеологийæ йын æмбарын кодта йæ поэ- зийы аивадон фæлтæр дæр, цы эстетикон тæлмæн ныл уадзы, уый, куыд йæ поэзийы революцион-демократон мидисимæ ор- ганикон æгъдауæй баст, афтæ. Йæ демократон характерæй цæуæгыл нымадта, дзыллæты зæрдæмæ йæ поэзи фатæмраст фæндаг кæй ардта æмæ ары æмæ .сын алцыппæтæй дæр æм- • бæрст кæй уыд, уый дæр. ’ Æмдзæвгæйы æнахуыр хуымæтæг æмæ аивдзина^, зæгъы, йæ къухы бафтыд, адæмы дзургæ ныхасы интонаци æмæ хъæз- дыг дзырдуатæй кæй пайда кодта, уый руаджы. Арæх æм сты адæмон абарстытæ, дæсны æгъдауæй пайда кодта адæмон за- рæджы ритмтæй. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, йæ поэзийы стиль; йе сфæлдыстады аивадон здæхт бæрæг цæуынц йæ кълассон пози- цийæ, йæ зондахаст кæрæй-кæронмæ революцион-дембкратон кæй уыд, уымæй. Цæголонмæ тынг бæрзонд æвæрд сты, Къостайы поэтикон аивад цæстæвæрæн цы дæсныйадон фæрæзты руаджы у, уыдон æмæ иттæг разæнгардæй дзырдта сæ сæрыл, уымæн æмæ уыцы фарст уыди уæлдай актуалон: «Борьба за поэтическое мастер- ство, борьба за овладение техникой художественного произве- дения, борьба за высокое качество произведения есть вместе с тем-борьба за его высокое идейное содержание, есть борьба за создание подлинной социалистической культуры»1. * % ф 30-æм азты дыккаг æмбисы Къостайы сфæлдыстадмæ ирон критикæ æмæ литературæзонæны дæр кæсын райдыдтой, куыд ирон адæмы культурон æмæ монон царды истори синтезгæиæг, афтæ. Нигер ирон литературæйы Къостайы нысаниуæгыл хъуыды кæнгæйæ йæ уац «Къоста æмæ ирон литературæ», зæгъгæ, уым фыста: «Уæддæр ирон литературæ æмæ, æмткæй райсгæйæ, æп- пæт ирон культурæйæн дæр Къоста йæ райдиан цæмæн сси?»2. Фарстæн нæй иу дзырдæй дзуапп раттæн, æмæ Нигер дæр уый нæ арæзта, уый баст у, Къостайы сфæлдыстад кæмæй араз- гæ у æмæ кæй æвдисы, ирон адæмы уыцы иумæйагнацион фарс- татимæ. Къостайы сфæлдыстады ирон адæмы арф æнустæй цæуæг хъысмæт йæ заманы цардимæ афтæ баст цæуы, æмæ йæ уынæм нæ зæрдæйы цæстытæй, ис ын арæхстджын армæй райхалæн, равзарæн. Уыдон æмахасты тæгтæ æххæссынц фидæны рæсгæ- джытæм æмæ афтæмæй хъæздыггонд цæуынц рæзгæ-ивгæ цар- дæй.- Нигер фæхатыд Къостайы сфæлдыстады уыцы миниуæг 1 ЦИЗИИ-йыУацхъуыдты чиныг, 1925; 1 т., 51 ф* 2 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 251 ф. 101
æмæ бафиппайдта: «Къостайы литературон бынтæ бæрцæй аф- тæ бирæ не сты, фæлæ ирон адæмы æхсæнадон хъуыды куыд рæзгæ цыд, уый бамбарынæн стыр ахсджиаг у йе сфæлды- стад»1. Фæлæ ирон- адæмы æхсæндон хъуыды уыцы иу рæстæджы йæхæдæг дæр ахуыр кодта æмæ фæлтæрдта Къостайы сфæл- дыстадон куырдадзы йæ фæзынынæй фæстæмæ. Уый та — ирон адæмы æхсæнадон хъуыды—йæхæдæг дæр йæ ахаст æвдыста по- эты сфæлдыстадмæ. Ахæм, иуæй иннæмæ цæугæ ахаст йæхи æвдисы Къостайы традицитæ æмæ сæ эстетикон банДавыны æдзух ногæй-ногмæ цæуæг процессы. Къостайы нысаниуæг ирон литературæйы, æмæ уæрæхдæр— ирон культурæйы историйы, сæрмагонд æмæ стыр ахадгæ уы- мæц у, æмæ йын уый йæ ногæй сæндидзыны заман йæ уæнпы ауагъта дыууæ хъаруйы, дыууæ хъомысы: сæ иу — нæхи ндци- он æрдзы сæвзæргæ традици æмæ иннæ та — дунейы адæмты культурон традици. Уыйуыд æхсæнадон царды историон рæз- ты объективон æууæлтæй гуыргæ —'Ирыстон бахызт , адæмты историон рæзты гуылфæнмæ æмæ нырæй фæстæмæ уыимæ хъуамæ цæра иумæ, кæрæдзийыл æмæндæвдгæнгæ. Къоста ирон культурæйы уыцы хъуыддагæн уыди йæ фидиуæг, йæ аразæг хъомыс. Х1Х-æм æнусы 80—90-æм азты — ирон адæмы национ æмæ культурон æндидзыны заман — Ирыстон историйы фæл- гæтæгмæ куы бахызт, уæд Къостайы сфæлдыстад æмæ архайд уыдысты уый дунеимæ бæттæг. Ирыстон дунейæн Къостайы кæй радта æмæ йæм Къоста дунейæ фæстæмæ кæй æрцыд, уый раст уыд физикон æгъдауæй дæр æмæ идейон æгъдауæй дæр. Ацы дыууæ суадоны æмиу кæныны фæндагыл цæуæг æмæ уы- дон хъомысæй цæрæг у, Къоста бындур кæмæн скодта æмæ ирон литературæйы фæлтæрæй-фæлтæрмæ чи рæзы, уыцы ли- тературон традици. Нигер дзырдта, з’æгъгæ, Къостайы размæ махмæ нæ уыди аив фыст литературон традицитæ, уый йе сфæлдыстад цæй бын- дурыл хъуамæ -амадтайд, ахæмтæ. Æмæ раст у уый, æппæт райдайæнты райдайæг æмæ, традицигæнæг дæр Къоста йæхæ- дæг уыд. ^Йæ размæ цы уыд нæ культурæйы, уыдон уыдысты хицæн гæппæлтæ, кæрæдзимæ сæ иу чи кодтаид, æнæ исты ахæм традицийæ, адæм сæхæдæг дæр иу куыд нæма уыдысты, иу национ æмбарынад æмæ æнкъарынад сæ куыд нæ баста кæ- рæдзийыл, афтæ. - Фæлæ Нигерæн йæхи загъдау, Къостайы сфæлдыстад, дæт- тæ кæмæ нæ калди, ахæм денджыз рахон, æмæ ууыл дæ ныхас фæу, уый æгъгъæд нæу. Нигер фыста: «Къостайы размæ ирон æвзагыл чи фыста, уыдон тæваг æппын ницы хуызы фæзынд Къостайы сфæлдыстадыл»2. 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонД æртæ томæй, 1968, 3 т., 207 ф. 2 Уый дæр уым. 102
Æппын ницы хуызы фæзынд, зæгъгæ, уый бынтон раст нæу. Иугæр Къостайы размæ чи фыста, ахæмтæ уыди, уæд сæ уый дæр йæхи бынтон не схицæн кодтаид æмæ сæ хицæн дæр нæ кодта. ,Уый фæбæрæг уыдзæн, ирон æвзагыл мыхуыр цы уыд, æппæт уыдон бахынцгæйæ, йе сфæлдыстадæн абаргæ анализ арæзт куы ’рцæуа, уæд. Кæд уыдонæн афтæ стыр нысаниуæг нæ уыд, уæддæр æвæд сæфт нæ кодтой. Нигер ’ аив уацмысты кой кæны, стæй уыдонæн дæр æрмæст сæ аивадон-дæсныйадон мадзæлттæ дары йæ зæрдыл. Фæлæ Къостайы сфæлдыстадон фæдхæссыны хабар арфдæр æмæ-уæрæхдæр хъуыддæгтæй бæ- рæггæнгæ у, йæ традициты кой куы кæнæм, уæд. Нигер Къостайы сфæлдыстады сæйрагдæр æууæлтыл ныма- йы гуманизм, адæмондзинад, реализм. Уыдон чæм уыны сæ иу- гæндзон змæлды, гуырынц цардмæ йæ активон ахастæй: - «Я не играю беспечно стихом». Ацы æртæ æууæлы Къостайы сфæлдыстадон архайды уыдыс- ты æппæты ахсджи^гдæр, æмæ сæ Нигер хæссы æмткæй ирон литературæмæ куыд Къостайæ цæугæ, Къостайы фæдзæхст, аф- тæ: «Æвæццæгæн, нæ фæрæдийдзынæн, афтæ куы зæгъон, æмæ æппæт уыцы æууæлтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй цыдысты ирон литературæйы. Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ Къостайы фæстæ цы ирон фысджытæ царди, уыдонæн ахсджиаг кæй уы- дысты кæддæриддæр уыцы æууæлтæ... Иры фысджытæн уыцы’ хъуыддæгты æрмæст иунæг Къоста уыд- фæзминаг. Гъе уымæн афтæ тынг ахады Къоста канд ирон литературæйы нæ, фæлæ1 æгас ирон культурæйы дæр»1. Уыцы æууæлтæн ф’адат аразæг уыд нæ’адæмыдард йæхæдæг, нæ адæмы духовон æмæ культурон тырнындзинæдтæ ’ргомздачст уыдйсты уыдонмæ, гуманизм дæр, адæмондзинад дæр æмæ реа- лизм дæр уыдысты, Къоста цы ’хсæнады * цард,. цы-заМаны^- рæзт, уымæй æвзæргæ, фæлæ уыдон æввонгæй, сæхи^ хъæдæй нæ цыдысты, уыдон цæмæй идейон-сфæлдыстадон цæстæнгас суыдаиккой, уый тыххæй сæ хъуыдйс æвэарын, сыгъдæг кæньпг, сæ сæрыл тохы бацæуын; æрм^стдæр афтæмæй суыдаиккой аи- вадон-эстетикон хæцæнгарз фыссæджы къухы.' • . Нигер æй йæхирдыгонау хоны «царды хъæнтæ бæрæггæнæг литературæ»2, ома критикон реализм.'Уыцы методæй чи ар- хайдта, уыдонæй Нигер загъта: «Уыдон уыдысты æппæт дугты дæр æппæты хуыздæр фысджытæ/» Цæргæ-цæрæнбонты адæй- маджы сæры магъз-цыдæриддæр диссагæй>сарæзта, фæллойгæ- нæг дзыллæтæм цы фæлтæрддзинад ис;:æппæтуыдон баиу кæн- гæйæ уыцы фысджытæ стыр мастимæ тох: кодтой адæймаджы æфхæрд æмæ цагьардзинады ’ -ныхмæ/.. Ирон литературæйы уыцы фæндаг райдайы Къостайæ...»3.^ 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 252 ф. 2 Уый дæр уым, 253 ф. 3 Уый дæр уым! 10?
Нигер ам дæр æрхаста Белинскийы ныхæстæ Пушкины тыххæй: «Он (Пушкин.—Æ. X.) принадлежал к числу тех творческих гениев, тех великих, историческйх натург которые, работая для настоящего, приуготовляют будущее». Æмæ сæ уæлвæд бафиппайдта, раст цыма К/ьостайы тыххæй сты ацы ныхæстæ, зæгъгæ. ’Адон, æцæгдæр, бæлвырд кæнынц Къостайы курдиаты дар- дыл зилæг тыгъдæдтæ, ирон адæмы монон æмæ культурон царды историйы фæндæгтæ æмæ алвæндæгтæ æмбырдгæнæг æмæ рæзынгæнæг æууæлтæ. ’ Ирон аив литературæйы бындурæвæрæг æмæ йæ царддæт- тæг арфдæр уидаг Хетæгкаты Къостайы фæдыл рацæуæг фыс- джытæй æнæгуырысхойæ зæгъæн ис, зæгъгæ, уыдон сты Къос- тайы литературон хъæбултæ —Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæ- диаты Цомахъ, Æрнигон Илас, Коцойты Асен, Кочысаты Ро- зæ, Хъороты Дауыт, Нигер йæхæдæг, æгæрыстæмæй, Къостайæ хистæр, фæлæ йе ’мдугон чи уыд, уый — Гæдиаты Секъайы дæр Къостайы курдиат æрбайста йæ фæлгæтмæ æмæ йын йæ сæйрагдæр сфæлдыстадон хъуыддæгты ^æци фæндагамонæг. Уый, æрмæстдæр комкоммæ-йæ фæдыл чирацыд, уыдон, фæлæ иннæты дæр куы ньщайæм, уæд та уыдзысты бирæ фылдæр. Адон иууылдæр, Нигер, куыд зæгъта, «ацыДттсты уыцы фæнда- гыл»; ома Къостайы фæвдагыл. Адон æй1", уылдæр райстой куыд сæ духовон фыд, сг2 авдæн узæг, æмæ с^ алч’и. дæр ныф- сы æмæ сæрыстырдзинады. æнкъарæнтимæ ’сфæлхат кодтаид Елбыздыхъойы ныхæстæ: «.Фидар у мæ зæрдæ, бындур ис нæ чиныгæн, не ’взагæн- Пушк тч уырыссаг æвзагæн цы у, махæн Къоста уый у»1. Къостайы фæдыл цы фысджытæ рацыд æмæ йын йæ хъуыд- даг’чи адарддæр кодта, уыдон, Нигер куыд зæгъы, афтæмæй уьщ’æн куыд хъуыдыгæнæг æмæ нывгæнæг афтæ райстой, сæй- раджыдæр æмæ ахсджиагдæрæн йæ цардæвдисыны амал, йæ метод, йæ ахаст. Уыйадыл Нигер ахæм фиппаинаг аразы Се- къайы тыххæй: «Уыцы уацмысты (йæ радзырдтæ.— Æ. X.) ома Секъа æндæр иекæ&фæзмы, уымæн дзы йæ кой дæр нæй, фæ- лæСекъа арф æмæ зæрдæбын ныхасæй æвдисы мæгуыр, амон- дæй æнæ хай хæххон адæмы цард æмæ уыцы æгъдауæй тынг хæстæг лæууы Къостамæ»2. Къоста сын уыд скъола аивады сусæгдзинæдтæ фæлгъауы , нæй райдайгæйæ суанг фыдыбæстæ уарзыны, фæллойгæнæ’ мæгуыр адæмæн аргъ кæныны бæрзонд æнкъарынады онг. ^ Къостайы фарн, Къостайы хъомыс азты цыдимæ у æвидий гæ ирон литературæйы, кæны арфдæр, зхадгæдæр. Афтæ уыд æртынæм азты дæр, кæд фысджыты иу хайсæ фæлтæрддзи- 1 ЦИЗИИ-йы архив. 2 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй. 1968, З’т, 256 ф. 104
над æмæ сæ курдиатмæ гæсгæ уый истой уæлæнгай, фæзмæ-\ джы хуызы, уæддæр се ’ппæтæн дæр уыдис цардмæ, сфæлдыс- тадон куыстмæ разæнгардгæнæг: «К/ьостамæ гæсгæ райдайынц фыссын æрыгон ирон поэттæ, Къоста æппæтæн дæр у поэтикон скъола. Литературон техникæ æмæ æвзаджы фарстаты Къос- тайæ дзырддзæугæдæр нырма ничи ис Ирыстоны. Къоста абон дæр цæры, абон дæр ис Ирыстоны фысджыты ’хсæн. Ныр дæр ’Къоста у сæ разамонæг, сæ ахуыргæнæг. Уыдон ахуыр кæ- нынц Къостайыл поэтикон дæсныйадыл, ноджы адæмæн æнæ- зæрдæхудтæй куыд лæггад хъæуы, ууыл дæр»1. Нигер йæ уац «Къостайы паэтикæйы тыххæй», зæгъгæ, уым теоретикон хайы æрцæуы расг^ марксистон методологон хат- дзæгмæ. йæ раздæры ныхас, ома классикон поэты сфæлдыста- ды махæн сæйраг у дæсныйад, уыцырдæм нал хæцы, поэтикæ, куыд цахæмдæр автономон æууæл, мидисæй рахицæнгæнæн кæмæн ис, ахæм цæстæй йæм нал кæсы, фæлæ сæ бæтты кæрæ-- дзийыл, Цуыд иуæй иннæ гуыргæ хабар, афтæ, мидисæй гуы- ры формæ, фæлæ формæ дæр йæхи рады свæййы мидис. Нигер фыссы: «Костайы угдмысты формæ у, цы апп сæ æвæрдта, ууыл баст. Иæ поэтжæйы хицæндзинæдтæ сты, цы царды уыд æмæ йæ разы цы хæстæ æвæрдта, уыдонмæ гæсгæ; Йæ поэти- кон куыст Къост? ^икуы хицæн кодтк йе ’хсæнадон куыстæй... аивадæй арæзта с лард фæхуыздæр кæныны хос, фæрæз... йæ революцион-демо^ратон æмæ национ ^сæрибардзинады змæлды идейæтæ, фæллойгæнæг адæмьд, тынгдæр хæххон мæгуыр адæ- мы удхар царды’нывтæ Къостайæн уыдысты йæ уацмысты фор- мæ аразæг»2. ^" Иугæр йæ уацмысты формæ у, цы апп сæ æвæрдта, ууыл баст æмæ йæ поэтикон хицæндзинæдтæ уыдысты’ уымæ гæсгæ, «хæххон мæгуыр адæмы удхар царды нывтæ Къостайæн уыдыс- ты йæ уацмысты формæ аразæг», уæд уый хуымæтæджы фор- мæ нал уыд, фæлæ мидисджын, мидис хæссæг формæ, формæ йæхæдæг сси мидис. Уый та у марксистон-ленинон эстетикæйы формæ æмæ мидисы æ^бастдзинады сæйрагдæр закъонбæрцад. Нигер æртынæм азты поэтикон дæсныйады фарста ирга- сынмæ йе ’ргом кæй аздæхта, уый нæ уыд иудадзыг академион дымыдисдзинады фæстиуæг. Уый иумæйаг литературон фарс- татæ æвзарынимæ йæ разы æвæрдта конкретон, нысанмæздæхт ^æс дæр: цæмæй феххуысуыдаид райдайгæ ирон поэттæн, ли- ^ературон теорийы фарстаты нырма æдзæттæ чи уыд, уыдонæн се сфæлдыстадон куысты. Уый та домдта фарст ахæм хуызы ^евæрын, амонын, æмæ поэзиуарзджытæн æнцон бамбарæн "куыд уыдаид, йæ комкоммæ хæсыл куыд æмбæлдаид. Уымæн та æппæты хуыздæр фадат лæвæрдта дзырды стыр дæсныты сфæлдыстад. 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 258 ф. 2 Уый дæр уым, 265—266 фф. 105
Уымæй размæ Нигер бафæлвæрдта уыцы хъуыддаг Пушки- ны сфæлдыстады цæвиттонæй равдисыныл æмæ йæ бафæлвæрд, мæгуырау нæ уыд. Арф æмæ уæрæх ныхас зæгъыны хæс йæ разы дæр не ’вæрдта, стæй йын уыцы фадат нæдæр уыд, фæ~ лæ бæрц цæвиттонты руаджы равдыста, Пушкин йæ хъуыдытæ аив, поэтикон æгъдауæй радзурыны сæраппонд цы фæрæзтæ* кодта, уыдон æмæ сарæзта хатдзæг: «Пушкины æмдзæвгæ иу исты факторы фæрцы нæу афтæ æххæст, афтæ тыхджын, аф- тæ лæгъз, афтæ æрттиваг, фæлæ къорд факторы æнæхъæн ком- плексы фæрцы... Уыдонæн кæрæ^зийæ ахицæнгæнæн нæй, уы- донæй алкæцы дæр æрмæст йæ’, бынаты фидауы, Пушкин ык цы бынат ыссардта, æрмæст уыцы бынаты»1. Ома поэтикон амæлттæ не сты уацмысæн йллюстрацийы амал, фæлындзыньг хос, ф’æлæ сты йæ мидисыл баст æмæ уый хуыздæр æргомгæ- нæн фæрæз. Ирон райдайæг фысджытæн хуыздæр уыдаид уыдон иро- нау, ирон æрмæджы бындурыл равдисын. Уымæ гæсгæ Нигер райста Къостайы лирикæ. Къоста æмæ Пушкины поэтикон лабораторийы дзырд цы- хуызы куыстгонд цыд, цы поэтикон æмæ техникон фæрæзтæ ардтой, уыдон, Нигеры иртасæн куыстмæ гæсгæ, сты бирæ цæ- мæйдæрты æмхуызон, уымæн æмæ Къоста дæр Пушкины хуы- зæн тынг домаг кæй уыд йæхицæй, дзырдтæ уырзæй æвзарæ- гау кæй кодта. Къоста дзырдæй цы домдта, цы уæз ыл æвæрд- \ та æмдзæвгæйы мидæг, уый Нигер æргом кæны поэтæн йæхи ныхæсты руаджы: «Æз кæд иу кæнæ иннæ дзырд афтæ ныф- фыссын, ’æндæрхуызон нæ, фæлæ, уæд-иу зон, æмæ æмбарын, цы фæкæнын, уый. Æз сыл мæ сæры магъз бирæ фæриссын кæнын». Нигер Къостайы поэтикон-дæсныйадон фæрæзтæ равдисы- нæн пайда кæны уæрæх конкретон æрмæгæй, йе сфæлдыстадон лабораторимæ нæ ахæм хуызы бакæны, æмæ дЗы уынæм, хуы- мæтæджы ирон дзырдтæ поэтикон хуыз куыд исынц, удæгас нывтæ куыд ысвæййынц,. уыцы процесс. Бæгуыдæр, Къоста дзырдтæ йæхæдæг нæ мысыд, уыдон уыдысты адæмы сфæл- дисгæ, æмæ сæ иста адæмæй, фæлæ сæ йæ туджы мидæг афтæ фыхта, йæ уды хъарм æмæ сын уарзт ахæм хуызы лæвæрдта, æмæ-иу цыма ногæй райгуырдысты, ахæм хуызы фæстæмæ нæ- уæг мидисимæ здæхтысты адæммæ. Адæммæ иумæйаг бæрджытæ, хъуыдытæ, хъуыддæгты ин- формаци хæссæг дзырдтæ поэты æмдзæвгæты æндыгъд сты лæджы царды хъысмæтыл арф сагъæсæй- Æгæрыстæмæй, адæ- мон загъдаутæ, дзырдбæстытæ, æвастхъæртæ, æмбисæндтæ* поэтмæ райсынц хæдхуыз, индивидуалон поэтикон^ конд, инди- 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 211 ф. 106
видуалон — цин,æмæ рисæй, лæджы уды хъысмæтæй арф æн- давынц зæрдæйыл. Уый мидæг уыны Нигер, Кърстайы æмдзæвгæтæ адæмæн ♦афтæ зынаргъ цæй руаджы фе’сты, уыцы стыр поэтикон тых æмæ йе сфæлдыстады ахъаззагдæр миниуæг — адæмондзинад .дæр. «Къо’ста у адæмоц æмæ уый фæрцы — оригиналон»1, ба- фиппайы Нигер. Æмæ уый нæ бон у æндæр ныхæстæй афтæ зæгъын,— Къоста у традицион, традицитæ дарддæргæнæг æмæ уый фæрцы — новатор. ’ Къостайы сфæлдыстад ирон поэтты алы æмæ алы фæлтæр- тæн дæр ног æмæ ногæй фæзминаг кæй вæййы, ног æмæ та йæм ногæй фæстæмæ кæй æрыздæхынц æмæ. дзы сæ дой- ны кæй сæттынц, ногæй та сын поэтикон ныфс уый кæй фæдæтты, уымæн йæ русæгдзинад уый мидæг, мыийаг, нæй, æмæ ирон поэзи Къостайы фæстæ дзыхълæуд фæци, кæуыл ахуыр кæной, кæуыл банцой уой, ахæм сын æндæр ничи ис, зæгъгæ. Уый, æцæгæй, афтæ куы уаид, уæд нæ Къостайы тра- дициты кой кæныны сæр дæр нæ хъæуид. Ирон поэтты алы æмæ алы фæлтæртæ ногæй Къостамæ кæй здæхынц, уымæн йæ сусæгдзинад уый мидæг ис, æмæ дзы уынынц «сæ историон .хибазонындзинады сахат, сæ национ культурæйы райгуырæн бон, сæ царды уалдзæг». Гъе уымæн афтæ æвидийгæ у Къостайы ныфс нæ ирон фыс- джытæн, æппæт нæ культурæйæн, сæ историон хибазонындзи- нады сахат, сæ национ культурæйы райгуырæн бон, сæ царды уалдзæг уый ном, уый фарн, уый курдиатимæ баст кæй сты. * * * ч Къостайы нысаниуæгыл дзургæйæ нæй ирон æмдзæвгæама- ды, уæрæхдæр — ирон поэтикæйы фарстаты иувæрсты ахизæн. Æмæ Нигер дæр нæ ахизы йæ иувæрсты. Уыцы фарста сæрма- гонд ныхасаг у, æз зæгъдзынæн цалдæр ныхасы, Нигер æй куыд æвзæрста, уый тыххæй. Зындгонд’ куыд у, афтæмæй ирон æмдзæвгæамадæн дæр йе ’гъдæуттæ Къоста бацамыдта. Нигер загъ’та, зæгъгæ, «Къо- ста ’уыд ирон аив литературæйæн канд ,йæ бындурæвæрæг нæ, фæлæ ма уымæй дарддæр Къоста алыг кодта ирон æмдзæв- гæарæзты фарст дæр. Къоста райста силлабо-тоникон системæ æмæ тынг раст бакодта, уымæн æмæ ирон æвзаг æмае уыцы системæ кæрæдзийыл тынг хорз фидауынц. Æвдисæн — ирон поэзийы истори. Ирон æмдзæвгæйы арæзт ацыди Къостайы фæ- дыл, æмæ куыд уынæм, афтæмæй къуылымпы никуы фæци æмæ нæ кæны»2. Уымæн æнæзындгонд нæ уцд, ацы фарста чи- дæртæ дзырддагкæй кодтой, уый. Нигер уыцы полемикæйы 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 304 ф. 2 Уый дæр -уым, 309 ф. 107
йæхæдæг дæр бацыд, æцæг, æрæджиау, æмæ дзы бацахста æмткæй раст позици. Ирон æмдзæвгæамады фæдыл полемикæ цыд æртæ факты алыварс, ома, ирон æмдзæвгæйы бындурæн кæцы хуыз райсын уыдзæн растдæр: метрикон, силлабон æви силлабо-тоникон. Дыууынæм азты ныхас, сæйраджыдæр, цыд метрикон æмæ силлабо-тониконы хуызты алыварс. Куыд зонæм, афтæмæй метрикон æмдзæвгæамады принцип æнцой кæны хъæлæсон мырты дæргъвæтиндзинадыл, силлабо-тоникон та — æрцæвæны закъоныл. Полемикæйы Нигеры хъуыды уыд афтæ: æмдзæв- гæамады метрикон барæн нæй дунейы ног æвзæгтæй иуы дæр,. уый уыди æрмæстдæр рагон бердзенаг, латинаг, араббаг, пер- саг æмæ æндæр æвзæгты. Нæ уыд æмæ нæй уыцы миниуæг ирон æвзагмæ. Загъта, ирон æвзаджы хъæлæсон мыртæ кæрæ- дзийæ хицæн кæнынц æрмæстдæр . æрцæвæнæй, ома сæ иутыл хауы æрцæвæн æмæ сæ дзурæм хъæрдæрæй, иннæтыл нæ ха- уы, æмæ сæ уымæ гæсгæ дзурæм ныллæгдæр хъæлæсы уагæй. Къоста ирон æмдзæвгæйы бындурæн райста Европæйы размæ- дзыддæр æмæ культурондæр æвзæгты стихамады традици — силлабо-тоникон, райста йæ, нæхи ирон æвзаджы æрдзы кон- дæн дзуапп кæй лæвæрдта, уымæ гæсгæ. Уый уыд прогресси- вон амал, уымæн æмæ йæ райгуырдæй ирон профессион æмдзæвгæ адæмон æмдзæвгæйы фæдджийыл хæцгæйæ нæ акодта йæ къахдзæфтæ, фæлæ слæууыд алцыппæтæй дæр иф- тонг европæйаг поэзийы хуыздæрты ’мрæнхъ, бахæстæг, бахи- цон æй кодта уыдонæн. Нигер ирон æвзагæн æппæт æгъдауæй дæр растыл нымад- та Къостайы æмдзæвгæамад, ома, силлабо-тоникон. Фæлæ ирон æвзагылуый размæ уыдысты Колыты Аксойы æмдзæвгæтæ, Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстад (æцæг, уыимæ Къоста æмткæй зонгæ нæ уыд), йе ’мрæстæджы фыста Гæдиаты Се- къа. Æууæндæн ис ууыл, кæй ма уыд æндæр æмдзæвгæфыс- джытæ дæр Къостайы рæстæджы, уый кæй зыдта1. Ам кæй ра- нымадтон, уыдон та се ’ппæт дæр фыстой силлабон æмдзæвгæ- амадæй, растдæр зæгъгæйæ та адæмон æмдзæвгæйы тоникон бæрцбарæнæй. Къоста уый нæ райста. Уый тыххæй Нигер йæ- 1 Уый тыххæй 1939 азы газет «Рæстдзинад»-ы Гæздæнты Данелы мыси- нæгты загъдæуы: «Махæй дæр бирæтæ æвзæрстой сæ тыхтæ æмдзæвгæтæ- фыссыны хъуыддаджы. Цыфæнды лæмæгъ фысты тыххæй дæр-иу райдайæг* фыссæджы зæрдæ никуы асаста, æвæрдта-иу ын зæрдæтæ. Афтæ Гæдиаты Се- къайы æмдзæвгæтæ, ай-гъай, лæмæгъдæр уыдысты Къостайы фыстытæй, фæ- лæ уæддæр Къоста Секъайы разæнгард кодта фыссынмæ». Ам, чи зоны, ды- зæрдыг цæуыл фæуæм, ахæм ныхæстæ дæр ис загъд, фæлæ бауырнинаг ’у уæддæр, фæсивæдæй чидæртæ иронау кæй фыстой æмдЗæвгæтæ, уый. Ноджы ма Къоста æмæ Секъа лæгæй-лæгмæ æмбæлдысты, Секъа-иу ын йæхи фыст* æмдзæвгæтæ касти, ахæм хабарыл дæр фыццаг хатт æмбæлæм æмæ уымæй дæр цымыдисаг, хъус æрдаринаг у. 108
хъуыды зæгъы цæхгæрæй: «Уыцы системæ (силлабон.—Æ. X.) йрон æвзагæн нæ бæззы»1. Ам дзырд бæззы кæнæ нæ бæззыйыл кæй цæуы, уый раст нæу. . Уыцы бæрцбарæнæй фыст сты, уæлдæр куыд загътон, афтæ- мæй Мамсыраты Темырболат æмæ Секъайы æмдзæвгæтæ, фæ- лæ уый аххосæй сæ ахсджиаг бынат ирон поэзийы дауаг нæу. Æмæ кæд ирон поэзи, Къоста йын цы фæндаг скодта, ууыл ацыд, уæд уый уыд йæ генион курдиаты хъомысы фæстиуæг æмæ нæ уыд Темырболат кæнæ Секъайы поэтикон сфæлдыста- ды цаудыл дзурæг, силлабон æмдзæвгæйы «æвзæрыл» комдзу- гæнæг. Нигер йæхæдæг дæр йæ уацы кæрон æрцæуы уыцы хат- дзæгмæ, кæд æй комкоммæ нæ зæгъы, уæддæр. Къостайы æмдзæвгæтæй чи кæцы барæнæй фыст у, уый куы банымадта, уæд ма дзы баззад аст æмдзæвгæйы: «Сагъæс», «Тæхуды», «Æхсины лæг», «Ногбоны зарæг», «Ногбон æхсæв», «Усгуры хъынцъым», «Фыдуаг», «Скъолайы лæппу». Адонæй зæгъы: «Ацы æмдзæвгæтæй иу дæр нæй бакæнæн силлабо-тоникон системæйы бæрстытæй иу фæлгæты. Мæнмæ гæсгæ, уыдон сты фыст ирон адæмон зарджыты уагыл барстæй дæр æмæ рифмæ- тæй дæр»2. Æмæ кæд хъуыддаг афтæ у, уый та, æцæгдæр, аф- тæ у, уæд цы ’мдзæвгæтæ ранымадта, уыдонæй «нæ бæззынц», зæгъгæ, ничи загъта, силлабо-тоникон кæй не сты, уый аххо- сæй. Нигер сæ йæхæдæг дæр нæ зæгъы уый. ’ • Уымæ гæсгæ^ силлабон кæнæ тоникон сæхæдæг «æвзæры» æвдисæн нæма сты, силлабо-тоникон йæхæдæг хорзы бæрæггæ- нæг куыд нæма у, афтæ. Поэзийы, аивады æппæт дæр баст у курдиатыл, æрмæстдæр курдиат. у «ницыйæ исты аразæг». Æниу быцæуаг нæ кæнын Абайты Вассойы фиппаинаг дæр: «Силлабон æмдзæвгæ æвз^джы раз æвæры минималон домæн- тæ», уый фылдæр техникоб фарстамæ хауы. Адæмон сфæлдыстадæн — мифтæ, легендæтæ, таурæгътæн куыд æвидийгæ у сæ ахадындзинад реалистон аивады идейон- психологон фæлгæттæ уæрæх æмæ арф кæныны хъуыддаджы, афтæ сæ формæйон миниуджытæн дæр сæ бон бирæ ахъаз фæ- -уын у индивидуалон-профессион литературæйы. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та уыдон цæуынц иумæ — формæ æмæ мидис, æр- мæст сæхæдæг хицæнæй,. адæмон сфæлдыстады куыд уыдысты, афтæмæй нал, фæлæ ног интерпретацигонд хуызы, сæ ног бар- хъомысдæттæг сын цы бынæттæ скодта, уымæ гæсгæ. Афтæмæй ног æмæ зæронд, фольклорон æмæ индивидуалон æддæг-мидæг бацæуынц .æмæ уæрæх кæнынц аивадон фæлгонцы фæлгæттæ. Нигермæ уыд ахæм хъуыдытæ, æмæ архайдта сæ бамбарын 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 264 ф. 2 Уый дæр уым, 264 ф. 8 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, 1926, II т., 510 ф. 109
кæныныл, архайдта, куыд, цыхуызы æмæ кæм, стæй* кæд сæм- бæлынц кæрæдзийыл дзыхæйдзургæ сфæлдыстад эемæ профес- сион литературæйы фæндæгтæ æмæ лыстæг къахвæндæгтæ æмæ кæд сты ахадгæ, уый райхалыныл: «Ирон адæмон зар- джыты поэтикон хицæндзинæдтæ нырма бæрæгго,нд не: сты, уы- мæ гæсгæ зын зæгъæн у, уыцы хицæндзинæдтæ цы сты, уый. Æз афтæ зæгъын, æмæ адæмон зарджытæ барстæй æввахс лæууынц тоникон системæмæ, рифмæйы бæсты та дзы ис асс’о- нанс. Ацы хъуыддаг у тынг ахсджиаг. Иукъорд хатты загътон, Къостайы сфæлдыстад адæмон сфæлдыстадимæ баст кæй у, уый. Афтæ зæгъын хъæуы Къостайы æмдзæвгæтæн сæ техни- кæйы тыххæй дæр»1. Фæлæ Нигермæ уый равдисыны мадзæлттæ æххæстæй нæ- ма уыдысты, æмæ-иу фактон æрмæгмæ куы рахызт, уæд фыл- дæр йæ хъус дардта уæлæнгай формæйы миниуджытæм. Адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады тæваг профессион ли- тературæйыл иу кæцыдæр афон нæ фæзыны, ома адæмон сфæлдыстад профессион литературæйæн ахæм гæпгæнæн рын- дзы хуызæн нæу, æмæ йын иу хатт фæахъаз уа йæ райгуыр- дæн, стæй дзы ссæрибар уа’æмæ йæхæдæг цæра хицæнæй йæ- хи сæрмагонд цардæй. Уыцы ахаст у дæргъвæтин æмæ вазыг- джын: куы фæтынгдæр вæййы, куы та — фæлæмæгъдæр, аф- тæмæй «От глубокой древности фольклор неотступно и свое- образно сопутствует истории»2. Фæлæ скъуыйгæ нæ кæны. Фыст литературæ куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ фольклор æмæ литературæ цæуынц æмæ рæзынц кæрæдзимæ здæхгæ, кæрæдзи хъæздыггæнгæ, иувæрсыг хуызы йæ, Нигер йе сфæлды- стадон куысты куыдфæстагмæ иувæрсыг хатдзæгмæ куыд æрцыд, афтæ, ома: «Мæнæн амæй фæстæмæ æрмæстдæр иу фæндаг ис размæ: адæмон сфæлдыстадмæ! Æз цæуын, æвза- джы æппæт дæснытæ дæр цы ’рттиваг галуантæ сарæзтой, уы- донæй æмæ мæхицæн аразын халагъуд поэзийы æвидийгæ суа- доны цур, уыцы суадонæн йæ ном у «адæмон сфæлдыстад»3. Нигер адæмон æмдзæвгæамад (силлабон) кæд ирон æвза- гæн иу хатт æвзæрыл банымадта, уæддæр ууыл, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй .Къоста дæр бынтон йæ къух нæ систа, Ни- гер та дзы йæхæдæг пайда кодта парахатæй. Уый афтæ куыд æмæ цæмæн рауад, ууыл бæлвырдæй дзуры, йæ чиныгуадзæг Юдкевичмæ фыстæджы. Юдкевичы дилетантон фиппаинаг æмткæй ирон поэзийыл къæм кæй æппæрста,-уымæ гæсгæ Ни- геры бахъуыд уыйæн дзуапп раттыны сæр æмæ фарст раст бамбарын кæнын. Нигер йе *мдзæвгæтæ тæлмац кæнынмæ куы ’рвыста, уæд сæ бæрцбарæнтæ цæмæй уырыссаг тæлмацгæнæгæн хуыздæр 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй,, 1968, III т. 310 ф. 2 М. Горький о литературе, 1955, с. 738. 3 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгоид, 1968, III т-, 315 ф. 110
æмбæрстгонд уыдаиккой, уый тыххæй-иу сыл æхсæнмæхсæнты фæнысан кодта «Кольцовы хуызæн», ома æмдзæвгæ фыст у Кольцовы æмдзæвгæйы барæнæй. Юдкевич уый райста коцком- мæ æмæ сæ рахуыдта «фæзмгæйæ фыст». Нигер бамбарын код- та, Кольцовæй йæ кæй нæ райста. «Уый у адæмон зæрæджы ритм, кæд æххæстæй нæ, уæд та йæ имитаци... Цы ’мдзæвгæйы барсты кой кæнæм, уымæн йæ улæфт ирон адæмон зарæджы дæр æмæ ирон эпосы дæр ис, ис иннæ адæмтæм дæр, æмдзæв- гæйы арæзт тониконыл кæкæн у, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр». Æмæ йæ хъуыды бафидар кæнынæн æрхас^та Томашевскййы ныхæстæ: «Многие из размеров, трактовавшиеся как нацио- нально русские, являются типическими равносложными разме- рами, и могут встречаться в любой литературе, имеющей гю- добную систему»1. Алы зынгæ поэт дæр бацархайы ууыл, цæмæй бæрæг уа йæхи æрмдзæф. Уый хæднысан нæу, фæлæ сфæлдыстадон куы- сты закъонбæрцон фæзынд. Нигер дæр йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ирон адæмон зарæджы метрикæ æмæ ритмикæйыл кус- гæйæ. бирæ фæсагъæс кодта уыцы хъуыддагыл, æмæ йын уый феххуыс йæхи сæрмагонд поэтикон æрмдзæф æмæ хъæлæс сбæлвырд кæнынæн. Фæлæ уæддæр цы уыд йæ аххосаг? Цæмæн бахъуыд Ниге- ры, Къоста фидар бЫндур кæмæн скодта, уыцы силлабо-тони- кон æмдзэевгæамады сæрты ахизын æмæ ног формæтæ мысыны сæр? Уымæн йæ фыстæджы йæхæдæг цыбырæй дæтты ахæм дзуапп: «Афтæ мæм каст, æмæ цыма ирон поэттæй иуæй-иугæ, кæд æдзухæй нæ, уæддæр æгæр арæхæй пайда кæнынц, зæр- дæцъæх кæмæй фесты адæм, силлабо-тоникæйы системæйы ахæм барстытæй»2. Уый æххæст раст æфсон нæ уыд Нигерæн. Цæмæн хъуамæ уыдаид силлабо-тоникæ зæрдæцъæхы хос, кæд æмæ, уæлдæр куыд загъта, афтæмæй уый «хорз фидауы ирон æвзагыл?» Ам ’силлабо-тоникæмæ нæ хауд азым, фæдæ уыцы бæрцбарæнæй æгъуыз, æнæпоэтикон фыст æгæр тынг кæй сарæх, уымæ. Ни- гер уый уыдта, æмæ æгъуыз, джиппыуагъд хъæлæсты ’хсæн агуырдтæ йæхи хъæлæс, уыдонæй хуыздæрырдæм хицæн чи кодтаид, ахæм. Куыд, цыхуызæнæй йæ ссардта, уый та уыд йæхи поэтйкон удыхъæд æмæ курдиатмæ гæсгæ. Фæлæ йæ йе сфæлдыстадон агурæнтæ æркодтой ирон адæмон’ зарæгмæ, йрон адæмон зарæджы æмдзæвгæамадмæ. Æрмæст бæлвырдæй зæ- гъын хъæуы уый, æмæ кæд ’Нигеры æмдзæвгæйы цæстуынгæ сты ирон адæмон æмдзæвгæйы бæрджытæ, уæддæр уый кæй у Нигерæн йæхи, ирон адæмон æмдзæвгæйы æрдзæй чи рай- гуырд, афтæмæй бæлвырд индивидуалон цæсгом кæмæн ис. Æмткæй ирон æмдзæвгæ æмæ хицæнæй Нигеры æмдзæв- %*$ 1 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд, 1968, 3 т., 321—322 фф. 2 Уый дæр уым, 322 ф. 111
гæйы тыххæй ам цы загътон, уый балхынцъ кæнæм афтæ: у фаг хъæздыг æмæ тасаг алыхуызон поэтйкон формæтæ æмæ техникон амæлттæн. Канд силлабо-тоникон кæнæ хицæнæй то- никон æмдзæвгæйæн дзы нæй фадæттæ, фæлæ ма уыдоны а’лы хуызтæн дæр. Уымæн нын-. æвдисæн—Нигерæн йæхи поэтикон сфæлдыстад. Уым ирон æмдзæвгæйы авналæнтæ силлабо-то- никонæй райдай æмæ суанг нырыккон верлибры онг сты уæ- рæх. Йæ комплексон цавдмæ цы сæрмагонд миниуджытæ ис, уыдон фадат дæттынц хæрибар, хæдхуыз, поэтикон æлвæст ны- хасæн, уыдонæй нырма бирæ хæсджын сты нæ поэттæ. Хъæуы алыхуызон дзырды дæсныты коллективы æндыгъд куыст, цæ- мæй, Секъайы загъдау, «ирон æвзаг йæ бындзæфхадæй ныхъ- хъæрза æмæ ныззара», цы ’нхъæлцау дзы стæм, уыи равдиса кæроцмæ. Уырдæм фыццаг фæндагамонæг, хъæбатыр фæндаг- гæрдæг уыд ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бын- дурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Хетæгкаты Къостамæ литературæ æмæ культурæйы исто- рикты, критикты хъусдард фæцырендæр йæ райгуырдыл 80 азы сæххæсты фæдыл æппæтцæдисон юбилейы рæстæджы. Иæ уацмыстæ уагъд æрцыдысты иронау, уырыссагау æмæ къорд æфсымæрон адæмты æвзæгтыл. Ие сфæлдыстады æппæт къабæзты тыххæй ныффыстой сæрмагонд куыстытæ, загътой бирæ ныхæстæ. Иæ ном, куыд Ирыстоны, афтæ æппæт цæдисы ^алы адæмтæм дæр сæнусон кæныны сæраппонд арæзт æрцыд ’дзæвгар мадзæлттæ. Поэты юбилеймæ цæттæ кæныны рæстæджы Мæскуйы жур- нал «Звезда»-йы рацыд Абайтьг Вассойы уац, «Хетæгкаты Къоста», зæгъгæ. Вассойы уац нын æвдисы, уыцы рæстæгмæ Къостайы сфæлдыстад сахуыр кæнын æмæ р’аиртасыны хъуыд- даджы къухы цы ’нтыстытæ бафтыд, цы ’мвæзадмæ схызт къо- стазонæн литературæ, уый. Вассо Къостайы сфæлдыстадæн аргъ кæнынмæ бацыд дыу- уæ барæнæй: фыццаг — куыд дæсны лæг, афтæ цы бынат ахсы дунейы дæсныдæр фысджыты рæнхъы æмæ дыккаг — цы ны- сан кæны Къоста ирон литературæйæн, ирон адæмæн? Фыццаг ын бæрæг кæны йæ абсолютои, нысаниуæг, дыккаг та, конкре- тон-историон уавæрты цы бынат ахста, уый. Дыууæ хуызыдæр Къоста Вассомæ у цæстæвæринаг: «Даже при первом, «абсо- лютном» подходе Коста может выдержать сравнение с силь- ^нейшими поэтами. Его небольшой по .объему «Ирон фæндыр» заключает в себе стихи, высокое достоинство которых может оценить всякий культурный человек, независимо от националь- ности. Если же поставить вопрос так,— что означает Коста для .осетинской литературы, для осетинского народа,— то здесь Коста, вырастает во весь свой рост гиганта. Совершенство и зрелость поэзии Коста, при отсутствии до него какой-либо на- циональной Литературной традиции, воспринимается как явле- 112
ние исключительное. Минуя ступень примитивов, Коста одним взлетом достиг пушкинской чистоты, силы и ясности стиха»1. Къостайы ахадындзинад рафæлгъауыны тыххæй Вассо цы критеритæ райста, уыдон уыдысты иууыл бæрзонддæр æмæ до- магдæр, æвдисынц, кæй фæллойæн аргъгæнæг уыдысты, уый ге- ни. Уæды онг уыцы домæнтæ афтæ дырысæй æвæрд нæ цыды- сты, кæд-иу сæ кой счынди, уæддæр. Уымæй Вассойы уац у ’хатдзæггæнæг. Уыцы стыр историон уæлахиздзинад, кæй зæгъын æй хъæ- уы, Къостайæн йæ къухы бафтыд йе ’гъуЫстаг курдиаты руа- джы, фæлæ Вассо зæгъы,— иунæг уый нæ; кæм • рæзыд, уыцы культурон фалдзус дæр мадзы уыд: «Без Пушкина* .без Лер- монтова, без Некрасова Коста был бы невозможен»2, зæгъгæ, ахуыр уыдоныл кодта. Дыккаг ахæм факторыл та1 йын ньгмад- та ирон адæмы хъæздыг фольклор. <• ’ Адонæн’ сæ дыууæйæн дæр, æнæмæнг,- уыд ахъаззаг ныса- ниуæг поэты сфæлдыстадон хъысмæты, чи; зоны, æмæ скъуыд- дзаггæнæг дæр, æмæ йæ ныллæг’ никуы кæнæм. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ поэтыл, уæлдайдæр та стæм курдиаты хицау генион поэтыл куы цæуа дзырд, уæд æххæст раст нæ уыдзæн, уымæн йæ хъысмæт иу кæцыдæр, кæнæ та иу-цалдæр удгой- маджы хъомысыл бабæттын, кæд цыфæндьгстыр курдиаты хи- цау уой, уæддæр. Уымæн аргъ кæнын ’æмбæлы уæрæхдæр æмæ арфдæр хъуыддæгтæ æмæ хабæрттæ бахынцгæйæ. Кæд поэт адæмы сæры кад æмæ намыс у, адæмы хъæлæс у, адæмы зон- ды цæстытæй кæсы æмæ уыны, адæмы зæрдæйæ уарзы кæнæ та нæ уарзы, кæд цыфæнды сæрмагонд нæййы, уæддæр, сæй- раг зæрдылдаринаг у адæмæн сæ историон хъысмæт, цæмæ, цы уаг æмæ сæ цы уавæрмæ æркодта уыцы хъысмæт, уый. Æппæт иннæтæниууылдæр бынат ис уый фæстæ. Боны фæс- тагмæ, уырыссаг литературæимæ Къостайы размæ æмæ йæ рæ- стæджы дæр бирæ чидæртæ уыд зонгæ, йæ фæстæ та ноджьг ’ фылдæр, фæлæ сæ Къостайы хал ничи аныхъуырдта. Уый ра- зынд иунæг йæ иунæг хъысмæтау. Афтæ зæгъын æмбæлы йæ ахуыр кæныны тыххæй дæр. Куырд куырдыл ахуыр кæны, поэт дæр ахуыр кæны, йæ раз- мæ чи уыд æмæ йе ’мрæстæджы чи ис, уыдоныл иууылдæр,, æрмæст æм дзы йе ’рдзон удыхъæд æмæ зæрдæйы кондмæ’ гæсгæ чи хæстæгдæр вæййы, чи та дарддæр. Ахуыр сыл кæны, растдæр зæгъгæйæ та сыл йæ зонд фæлтæры, уымæн æмæ бын- тон ногæй райдайæн ницæмæн ис, ахæм ног, æвæдза, æмбаргæ дæр ничи бакæндзæн. Къоста куыд ахуыркодта, уый та уыд сæрмагонд хъуыддаг: «Настоящий’ писатель—^некорова, кого- рая перёжевывает травяную жвачку ’ повседневности, а тигр> 1 Журнал «Звезда»! 1939, № 9, с. 154. 2 Там же. 3 Заказ № 59 113
пожирающий и корову, и то, что она поглатила»1, Достоев- скийы ацы ныхæстæн æххæстæй ахæссæн ис Къостамæ дæр. Къостайы сфæлдыстады традицийы фарст уæлдай иувæрсыг хуызы æвæрд цыди Дзæуджыхъæуы цытджын юбилейон изæ- ры сæйраг докладгæнæг Малинкины уæлмонц раныхасы. Сыгъ- дæгзæрдæйæ ныллæууыд, уырыссаг фысджытæй Къостайæн ахуыргæнæджы роль чи æххæст кодтаид, уыдон агурыныл, ра- нымадта Пушкин, Лермонтов, Крылов, Некрасов, Кольцовы нæмттæ. Ирон адæмæн аив литературæ саразын Малинкины ныхæстæй Къостамæ хаста цахæмдæр развæлгъау скъуыд- дзаггонд фаталон мидис, цыма уый æвзæрста алы литературæ- ты ’хсæн, кæуыл сахуыр уыдаид, кæй бафæзмыдтаид. «Не имея предшественников в поэзии на родном языке, Коста, естествен- но, должен был об>ратиться к какой-то иной поэтической куль- туре н литературной традиции,' чтобы пройти неизбежную сту- йень выучки...». Æмæ цыма афтæмæй банцади уырыссаг лите- ратурæйыл: «Изучил Коста образцы русской поэзии, вгляды- ваясь в ее формы и ритмическое своеобразие, переводил неко- торые произведения на осетинский язык, другие переделывал на национальный лад или подражал им... это свидетельство вполне закономерного освоения богатств уже сложившейся ли- тературы талантливым зачинателем литературы младшей, толь- ко зарождающейся»2. Малинкины хъуыдытæ уыдаиккой раст, дзырд аивадон сфæлдыстадыл æмæ национ литературæйы фæзындыл нæ, фæ- лæ исты хуымæтæджы кондадон хъуыддæгтыл куы цыдаид, уæд. Докладгæнæджы ныхасмæ гæсгæ, .ирон адæмæн нæ уыд литературæ, Къостайы бахъуыд, кæнæ бафæндыд йэе саразын, уый тыххæй сахуыр кодта уырыссаг поэзийы хуыздæр мйнæ-, вæртты, иуты дзы ивгæ ракодта ирон æвзагмæ, иннæты раца- рæзта, аннæты фæзмгæйæ та йæхæдæг ныффыста æмæ афтæ- мæй сарæзта ирон аив литературæ. Къостайæн . йæхи поэтикон удыхъæды хæдхуыздзинады тых-, хæй куы ницыуал дзурæм, йæхи ныхæстæ, зæгъгæ, «я пршу то, что я уже не в силах бываю сдержать _ в своем изболевшем сердце», нæ зæрдыл куы нæ дарæм, уæддæр национ литерату- рæ ахæм схемæмæ гæсгæ кæй нæ сæвзæры æмæ Малннкин уы- цы ахсджиаг хъуыддаг профанацимæ кæй кодта, уый ныр, æгæрыстæмæй, литературон хъуыддæгты дæсны чи нæу, уымæн дæр’зын бамбарæн хъуамæ ма уа. Фæлæ Малинкин йæ ныхас кодта дарддæр, ’Къостайæн æндæр фæрæз кæй нæ уыд, æмæ бар-æнæбары кæй фæзмыдта уырыссаг классикты, цæмæй са- рæзтаид ирон литературæ, уый тыххæй: «Путь формирования 1 Цитата взята из книги Н. Бйльмонта—«Достоевский и Шиллер», 1984, с. 5. 2 Юбилсй Коста Хетагурова (стенографическая записъ), Орджоникндзс, 1941, с. 88—89. 114
* поэтического искусства — трудный путь. Нтобы родить Пушки- на, русская литература почти двести дет накапливала мате- , ’риалы и разнообразные пробы стиха. Перед^ Коста же в сущ- ности было совершенно чистое поле и когда, вчитываясь в егО поэзию, мы видим, что поэма «Кому живется весело» или сти- хи «На смертьгорянки» являются лрямым подражанием Не- красову, что в «Фатиме» и «Плачущей скале» пейзаж навеян поэмами Пушкина* и Лермонтова, что ’баснш Коста являются нередко переделками басен Крылова, что.:такой .излюбленный Хетагуровым поэтический прием, как пауза на первой строке, заимствован у Лермонтова...»1. Фыццаджыдæр уый, æмæ Къоста-йæ цоэмæтæ — «Кому жи- вется весело», «Фатимæ» æмæ, «Перед: судом», æмдзæвгæ-^- «На смерть горянки»»ныффыста уырыссаг æвзагыл. æмæ ирон дзырдаивадмæ ницьг бархъомыс дарынц, нæдæр сæрмагондæй ирон чинагкæсæгмæ адрисгонд сты, уымæ тæсгæ ам уæлдай у ахæм хъуыды, цыма •• поэты архайд —: «св^детельство вполне закономерного освоения богатств уже сложившейся литерату- ры талантливым зачцнателем литературы младшей». Дыкка- д’жы та уый, æмæ Малинкин Крыдовы кæй хоны, Крылов- мæ та францусаг кæнæ рагон бердзенаг литературæйæ чи æр- бацыд, уыдон Къостамæ не сты «переделкæтæ», уый сæ куыд хоны, афтæ, фæлæ йæ иннæ æмдзæвгæтау, уыдон дæр хæдбын- дур, æрдзон æгъдауæй ирон, куыд сæ мидисæй, афтæ сæ фор- мæйæ дæр. Тынг раст фыста Вассо уый тыххæй: «Есть у Къо- ста несколько басен, сюжет которых взят у Крылова: «Волк и журавль», «Гуси». Но надо видеть, как творчески переработал их Коста! Помимо того, что он овеял их каким-то особенным лиризмом, он придал им настолько яркий местный, осетинский колорит, что они становятся столь же оригинальными, какса- мые оригинальные его произведения»2. Ацы.ныхæсты фæстæ куыд ис растыл банымайæн, ацы уацмыстæ Къостайы фондз- томон рауагъды уырыссаг æвзагмæ тæлмац кæй не ’рцыдысты, фæлæ сæ бæсты Крыловы баснятæ кæй ныммыхуыр кодтой, уымæн. Къостайы уырыссаг - классикты ахуыркæнинаг сдæнынмæ тырнгæйæ Малинкин поэты иу кæнæ иннæ уацмысæн æнæмæнг хъуамæ агуырдтаид уырыссаг поэзийы-æнгæс уацмыс, уыйдæр уыд йæ развæлгъау снывæстгОнд схемæйæ гуыргæ, ома къан- нæг адæмы национ литературæ нæу бæрæг-бæлвырд историон уавæрты хæдбындур, закъонбæрцон фæзынд, фæлæ æндæр «уæдмæ рæзты фæндагыл чи рацыд, уыцы литературæйы хъæз- дыг фадæттæй» спайда кæныны фæстиуæг. Къостайæ хуыздæ- рæй цы загъта, уый — «умение хорошо учиться у хорошего». 1 Юбилей Коста Хетагуроза (стенографическая запись), Орджоникидзе^ 1,941,чс. З’. . .., ; •..;.; .'. .... 2 Журнал «Звезда», 1939, № 9, 154—155. 115
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Малинкины æнæраст хъуыды æвæ- дæй нæ баззад. Фæстæдæр заманты фæзынд, уыцы тенденци гуылмыздæр хуыз кæм райста, ахæм уацтæ дæр. Ерихонов, зæгъгæ, фæндзайæм азты райдиан иу ахæм вульгаризатормæ хардзау дæр фæкаст, Къостайы комеди «Дуня»-йы Чернышев- скийы роман «Цы чьшдæуа»-имæ кæй барстой, уый, ома, уый гæнæн куыд ис, æмæ Чернышевскийы «стыр уацмыс» барай Къостайы фыстимæ!? Ахæм къуыдчппытæ дæр уыд Къостайы «критикты» ’хсæн, фæлæ рæстдзпиад æмæ æцæгдзинад зæгъын уыдонмæ нæ каст, рæстдзинад æмæ æцæгдзинад дзурæг та три- бунæйæ сидти: «Я говорю о великой способности такого своё- образного человека, как Коста, соединив в себе лучшие черты людей возрождения и самые разносторонние дарования. Если хотите,— Коста Хетагуров, родившийся в гораздо более позд- рюю эпоху, является своеобразным Леонардо да Винчи осе- тинского народа... Имя поэта так называемого «маленького» осетинского народа, это—имя, которое войдет в сокровищницу культуры социализма наряду с самыми высокими именами человечества. Осетинский народ может гордиться тем, что в этой сокровищнице многоцветной культуры социализма будут играть эти краски, будут эти цвета, будет это солнце, которые были вызваны к жизни таким художником, как Коста Хетагу- ров»1. Сæйраг рæстдзинад æмæ æцæгдзинад æвзарæг та уыдысты адæм сæхæдæг, сæ ирвæзынгæнæджы хъæрмæ, арвæй æры- хъусгæ хъæлæсау, сæрсæфæны былыл чи æрыхъал. Бирæ алы- хуызон ныхæстæ æрцыд Къостайы алыварс загъд. Фæлæ йын адæм сæ хорз зæрДæйы цы бынат скодтой, уымæ никæй бар- хъомыс хæццæ кодта. Адæм уыдысты йæ раттæг, адæм уыды- сты йæ хуыздæр критик дæр. Банысангонд дæс азы уыд, Къостайы генион сфæлдыстадæн цы иумæйагнацион нысаниуæг уыд, цы стыр, культурон хæэна нысан кодта, уый бамбарын, райхалыны ног-этап, æмæ лыг æрцыд поэтмæ æппæтадæмон уарзондзинад æвдисæг юбилейон бæрæгбоны. Ахадгæдæр дзы кæй фæллæйттæ уыдысты, уыдон: Тыбылты Алыксандр, Нигер, Цæголты Аннæ, Абайты Вассо. Адоны фæллæйттæ уыдысты лыггæнæг æмткæй райсгæйæ ив- гъуыды культурон бынтæн аргъ кæныны хъуыддаджы. 1 А. Фадеев. Юбилей Коста Хетагурова (стенографическая запись), Ор- джоникидзе, 1941, 95—96 с. 116
III сæр. ЛИТЕРАТУРОН-КРИТИКОН УАЦТЫ ИУÆИ-ИУ ЖАНРОН СÆРМАГОНДДЗИНÆЦТЫ ТЫХХÆИ Нæ нртасæн куыст цы рæстæджы арæнты æрæвæрдтам, уый æмткæй ахсы ирон советон литературæйы кардзæуæн за- ман. Æмæ афтæ литературон критикæйыл дæр, бæлвырд ын кæ~ ны йæ идейон-эстетикон аргъгæнæн мадзæлтты арсенал. Кæд аивадон сфæлдыстад дуг æмæ нывгæнæджы ’хсæн диалектикон æмахастытæй æвзæргæ у, уæд литературон критикæ дæр къад- дæр нæ дары йæ заман æмæ критикы. индивидуалон удыхъæдæй, уый дæр у курдиатæй кæнгæ, курдиаты миниуæг. Ирон аив литературæйæн Къоста куыд и, ирон театрæи — Елбыздыхъо, афтæ ирон критикæйы нæ бон никæмæй у зæгъын, Къостайæн нæ уыд йæхи Белинский, уырыссаг литературæйы Пушкинæн куыд уыд, афтæ,— Вассойы ацы зындгонд ныхæсты пысаниуæг къаддæр нæ сахаддзæн, æмткæй ирон литературæйы исторнмæ сæ куы ахæссæм, уæд дæр. Критикæйы химбарынады, уый идейон æмæ эстетикон критериты рæзты та сты сæйраг хъуыддаг лыггæнæг. Ирон литературон критикæйæн нæма уыд йæхи цæстæнгас, нæма сарæзта йæхи методты системæ. Уый фылдæр уыд хицæн уацмыстæ, нывгæнджытимæ баст уацты, хъуыдыты, идейæты хуызы, ома ахста литературæйæн æххуыс- гæнæджы бынат, фæлæ нæ уыд литературон царды сæрмагонд æмæ хæдбар формæ. Æмæ нæ социалон æмæ политикон цард йæ- хæдæг куыд лæмæгъ æмæ цудаг уыд, афтæ уыдысты нæ литера- турон критикæйы национ традицитæ.дæр. Нæ критикæ тынг кæнын куы байдыдта, йæ рæзтæн объекти- вон фадæттæ куы фæци, критикы курдиатæй хайджынладæймæг- тæ нæм куы фæзынд, уæд та бахауди пролеткультон-раппон ло-. зунгтæ æмæ теориты бын. Уымæ гæсгæ дыууынæм æмæ æртынæм азты, æвзонг ирон со- ветон литературæйæн æмткæй характерон куыд уыд, афтæ лите- ратуроп критикæ дæр аив уацмысы хуызы фылдæр уыдта царды цауты социалон эквивалент, аивадон уацмыс хъуамæ ахстаид «историон архивы мидæг æцæг документы бынат». Ардыгæй — йæ критикои домæнты иувæрсыгдзинад, арæх-иу вульгарон со- циологизмы дæлбазыр чи балæууыд. Уый æппæрццæг хуызы зынди критикон уацты дæсныйады амæлттыл, сæ сюжетон-ком- позицион амадыл. Къуындæг сын кодта сæ жанрон-стилон алы- хуызондзинæдты фадæттæ. Уый уыд иумæйаг хабар æмткæй со- 117
ветон литературæйы кардзæуæн заманы, эстетикæйы фарстатьк раппон теорийы сæрхъуызойтæ хъуыддаг лыггæнæгкуы уыдыс- ты, уæд. Фæлæ литературон-критцкон хъуыды уæддæр рæзыд, диалек- тикон æгъдауæй мидæггаг æмæ æддаг цæлхдуртæ сæтгæ,— пози- тивонæй дзы цы уыд, уый йæхи нæ сусæг кодта, афтæмæй сгæр- ста размæ фæндæгтæ. Раппон крити’кæ дæр иууыл иугъæдон;-иу- мыггагон нæ уыд, йæ хуыздæр уацмысты уый хъахъхъæ’дта аи- вады марксиетон-ленинон принциптæ, традицийы хуызы æнцой кодта уырыссаг революцион-демократон раззаг литературон’ æмæ зстетикон.хъуыдыйыл. Критикæйы, чи архайдта æмæ’ йын хæрзахъаз кæй.куысть!тæ фестьг, уыдонмæ уьгд алыхуызон эстетикон фæлтæрддзинад,1;иу нæ уыдысты, литературон æмæ культурон арæзтады ды позици- тæ ахстой, уыдон дæр, фæлæ се ’ппæты дæр кæрадзимæ хæстæп крдта иу ’сæйраг идейæ,— ног, социалистон æхсæнад цразцны хъуыддагыл æнувыддзинады идейæ. , - ’ > ; 5.. Гæдиаты Домахъ, Бекъойты Гиуæрги, Тыбылты Алыксандр— адон уыдысты Октябры революцийы агъоммæйы ирон ахуыргбнд фæсивæды хуыздæр минæвæрттæй, ног социалистон культурæ аразынмæ æрцыдысты æндæр æмæ æндæр фæндæгтыл. Цомахъ—;• профессионалон революционер, Сыбыры каторгæ бавзарæг, Къо- стайы революцион-эстетикон традицитыл хъомылгонд æмæ у.ы- дон комкоммæ дарддæргæнæг, поэт, прозаик, критйк, зынгæ жх- сæнадон архайæг, ирон литературæйы социалистон реализмы аи- вадон принциптæн бындур аразæг! Гиуæрги — уый хицæн кодта цардмæ, аивадмæ цы иумæйаг демократон цæстæнгас дардта^ уымæй. Национ химбарынад, национ сæрибардзинад æмæ про- грессы идейæ кодта сæрæвæрæн йæ алы хъуыддагæн. Ирон æв- з^аг стыхджын кæнын, ирон рæсугъд æгъдæуттæ, ирон царды фæтк бахъахъхъæнын, ирон чиныджы хъуыддаг срæвдз кæнын, адæммæ рухсдзинад бахæссын,—уыдон уыдысты йæ царды’стыр- дæр нысан. Адыксандр — ахуыргæнæг, рухстауæг, «йæхи базо- нынæй фæстæмæ бæрзонд хаста рухстауæг цырагъ Ирыстоны хæхтæжмæ кæмтты»1, революци куы фæуæлахиз, уæдæй йæ цар- ды фæстаг бонмæ йе ’ппæт тыхтæ лæвæрдта ирон литературæ пропагандæ кæнынæн, литературон фæсивæды хъомыладæн. Адонæй дыууæ фыццаджы æмткæй хауынц дыууынæм азтæм,. фæлæ æртынæм азты литературон критикæйы хъуыддæгтæ дæр баст сты уыдон архайдимæ, æртыккаг — Алыксандр та æмхуьь’ зон активон кусæг уыд дыууæ дæсазы дæр Уыдон фæдыл комкоммæ цæуы Нигер. Йæ разы цы критикон- литературон фарстатæ æвæрдта, уымæй хæстæгдæр лæууыд Цо- махъмæ. Фæлæ уый уæддæр хауы ирон литературæиртйсджытæ æмæ критикты ногдæр фæлтæрмæ. Æндæр æмæ æндæр фæндæгтыл куыд цыдысты сæ ыысанмæ^ 1 Гафез. Тыбылты Алыксандр. Хуссар Ирыстоны фысд^кЫтæ, 1967, 81 ф. Ш
^фтæ фæйнæхуызон у сæ литературон æмæ критикон уацты фы- <:ты хъæд дæр. Цомахъы литературон-критикон уацтæ — типоло- гон мыггагæй революцион-демократон литературæмæ чи хауы — сæ разы æвæрдтой æргом социологон нысантæ. Литературон- лропагандистон æууæл куыд хастой, уымæ гæсгæ сæ фысты хъæ- ды сæйраг миниуæг у публицистон. Тыбылты Алыксандры лите- ратурон æмæ критикон уацтæн дæр. Бæрæг бæрцæй академион æрмдзæф хæссы Бекъойты Гиуæргийы критикæ. Уыцы æууæл ын цæуы, кæуыл ахуыр кодта, уыцы уырыссаг литературæзонæны академион скъолаты æндæвдадæй. Æмткæй ног дунембарынад <биноныг кæшны заман — 20—30-æм азты ирон критикты агу- рын æмæ æвзарын нæ хъуыд сæ тохы мадзал. Уый уыд цыргъ, йæ нысаныл комкоммæ чи хъуамæ æмбæлдаид, ахæм публици- стон ныхас. Барахъты Гино, Хъуылаты Созырыхъо, Къосыраты Сæрмæт^ Фæрнион, Дзанайты Сергей, Бæдоаты Хъазыбег, Дзагуырты Губади, Галаты Стъепан æмæ иннæты критикон уацты стилæн æппæты характерондæр уыдысты сæ иутæн раппон-знууон-со- циологон, иннæтæн — вульгарон-социологон æууæлтæ. Типоло- гон æгъдауæй ма æмткæй уыдон нымæцмæ хауынц, дыууынæм азты кæрон — æртынæм азты райдиан ирон литературæмæ чи æрбакъахдзæф кодта, уыцы литературон фæсивæды фыстытæ. Литёратурон-критикон хъуыдыйы рæзт нын куыд æвдисы, афтæмæй хицæн историкон-литературон периодты ахадгæдæр, активондæр вæййынц иу кæнæ иннæ жанртæ. Банысангонд рæс- тæджы Цы бирæ æмæ алыхуызон æрмæг мыхуыр цыд, уымæ æр- кастыстæм ахæм принципмæ гæсгæ: критик’оп анализæн цавæр хъуыддаг, цавæр объект истæуьг, зæгъгæ,— хицæн уацмыс, хи- цæн фыссæг æви литературон процесс æмæ сæ уымæ гæсгæ ра- дих кодтам ахæм жанртыл — литературон-критикон хуызтыл: рецензи, сфæлдыстадон портрет, уац. Р е ц е н з и. Литературон критикæ райдайы рецензийæ. Уый кæд’фыст цæуы хицæн аивадон уацмысыл, хицæн чиныгыл, уæд- дæр уымæй рогдæр пæ кæны йæ фыссыны хъуыддаг: «Без уме- пия анализирозать и оценить отдельное произведёние нельзя разобраться и в литературно-художественном процессе»1. Кæнæ та иннæрдæм: критик литературон процесс куы нæ æвзара, уæд раст идейон æмæ аивадон аргъ скæиæн нæй хицæн уацмысæн дæр, нæ йын ’бацамондзæн йæ бынат национ литературæйы. Ахæм рæстæджы рецепзепты рæстдзинад фæлгъауæг ныхас ивд æрцæуы хуымæтæджыкъуындæг эмпиризмæй. Хъуыддаг афтæ кæй у, уымæн æвдисæн—нæ иртасæн куыст, ныхас цы рæстæгыл цæуы, уым хуыздæр рецензенттæ уыдысты хуыздæр критиктæ, аргъ уыд сæ кæцыфæнды фиппаинагæн дæр. Зæгь’æм, Цомахь сæрмагондæй рецензи нæ фыста Хъайтыхъты 1 В. И. Баранов, А. Г. Бочаров, Ю. И. Суровцев. Литературно-художест- венная критика, 1982, с. 142. 119
Геор æмæ Хуытъинаты Цыппуйы æмдзæвгæты æмбырдгæнд- тыл,—чингуыты фæрстыл æмдзæвгæты ныхмæ фæнысангонд хи- цæн фиппаинæгтæ. Фæлæ уыдон æддейæ (литературон процес- сæй) мидæмæ (хицæн уацмысмæ, чиныгмæ, æппынфæстаг—æв- зонг поэты сфæлдыстадмæ) рухсы таг ахæм хуызы бауадзынц, æмæ нын æвдисынц хицæн уацмысты, чингуыты, æмткæй автор- ты ахаст цардмæ, литературæмæ. Мах фенæм царды æцæгдзинад æмæ æвзонг поэтты сфæлдыстады ’хсæн гом бынат. , % . Ома хъуыддаг рецензийы асы нæй, фæлæ аргъгæнæджы ны- хасы рæстдзинады, литературон процессы йæ цæст цас арф. уы- ны, уый мидæг. ’ . / - Рецензийы къаннæгдæр хуызыл нымад у цыбыр аргъгæнд (отзыв). ... Уым |бынат нæй уæлдай афыстытæн, бæрц дзырдтæй æмткæй аргъгонд цæуы уацмысæн. Ахæм аргъгæндтæ: фылдæр хатт; фæ- фыссьшц мыхуыры рауадзынæн нæ,фæлæ, уацмыс мыхуыры ра- уадзын æмбæлы æви кæ, уый фæдыл. Ахæм аргъгæндтæ бирæ фыст цыд Ирон историкоп-литепату- рон æхсæнады. Фæстæдæр сæ мыхуыры рауагътой ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты фыццаг чиныджы Хроникæйы хайы. , Мæнæ ахæм аргъгæнды типикон дæнцæг>—Тыбылты Алыксан- дры «Цомахъы «Ленин-Ульянов»1. Нымад дзырдтæй конд: ра- зæй, чиныджы автор æмæ, кæм рацыд, уый кой, дарддæр «Ленины царды чиныг чи фысса, уый хъуамæ ныффысса революци æмæ Коммунистон партийы истори дæр». Иæ фæдыл, чиныг актуалон кæй у, уый тыххæй: «Ирон кусæг адæм хъусынц Ленины кой, фæлæ йын йæ цард æмæ йæ куысты хабæрттæ дзæбæх иæ зо- нынц. Цомахъы чиныг... стыр хæзна у ирон кусæг адæмæн». Йе ’взаджы тыххæй дæр цалдæр дзырды, ома фыст у кусæг лæгæн æнцон æмбарæн æвзагæй. Алыксандры аргъгæнд газеты мыхуыр кæй уыд, уый тыххæй ма уый зæгъын хъæуы, æмæ йын чиныгæн аргъ скæнынæй дард- дæр уыд чиныджы рацыды хабар адæмæн фехъусын кæныны ны- сан дæр æмæ уымæ гæсгæ дæр фылдæр дзырдтæ уæлдай уыда- иккой аргъгæнды. Рецензийы ацы хуызы ирон критикæйы уæлдай арæхстджын- -дæр уыд Бекъойты Гиуæрги, фылдæр сæ фыста ирон историкон.- филологон æхсæнады кусгæйæ æмæ уый бахæсмæ гæсгæ. Уыдон стьг, уацмысы апп æмæ йын цы аргъ ис, уый тыххæй иууыл æл- хъывддæр фæлгæтть* лæм’бынæг зæгъыны дæнцæг. Йæ академи- •он аргъгæндтæ нын дзурынц, бирæ кæй зыдта, ууыл, хъæздыг сты миджанрон хуызтæй. , .... Ам рахицæн кæнын æмбæлы, 1925 азы хуыздæр пьесæ ныф- фыссыиы тыххæй конкурс куы уыд, уæд ’уырдæм цы пьесæтæ æрбацыд, уыдоны фæдыл цы аргъгæндтæ ныффыста, уыдон. Фæ- стæдæр сæ баиу кодта, разныхас æмæ сын кæронбæттæн скод- 1 «Хурзæрин», 1925, № 4. 1 0
та æмæ сæ хицæн уацы хуызы ныммыхуыр кодта ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты дыккаг чиныджы1. Фæлæ уыдон уæддæр нæ ахыз- тысты сæ жанрон æууæлы сæрты. Уыдон мидæг иумæйаг хуыз’ы,. фæлæ бæлвырдæй загъд æрцыд Цомахъы «Амондмæ цæуджк- ты», Хъуысаты Димитры «Зауырбег», Къубалты Алыксандры «Алгъуызы мæлæт» æмæ Хъоцыты Бидзинайы «Æгъдауы сæ{>Ыл хæст»-ы идейон æмæ аивадон мидисы тыххæй, суанг цалынмæ- сæ чиныгкæсджытæ,æмæ театрдзаутæ дæр нæма «базыдтой, уæ’д- мæ. .. • Сæрмагондæй банысанкæнинаг у Малиты Гиуæрги, Гулуты Андыри æмæ Æмбалты Цоцкъойы чингуыты тыххæй фыст ре- цензи2. . ’ :;'" . , Ам рецензенты цымыдис йæхимæ аздæхта йу хъуыддаг, æ&æ- уый канд ацы чингуытæм нæ хауд, уый уыд, нæ иуæй-иу:фыс~ джытæ, уыдонимæ Гиуæрги æмæ Андыри дæр сæ мадæлон æвЗа- джы бæсты арæх уыръгссаг æвзагыл кæй фыстой, уый. УырыбЫ- гау сын нæ ахадынц, «ирон æвзагыл та уаиккой хæзна», зæгъ- гæ. Цыбыр дзырдæй, рецензийы æвæрд æрцыд сфæлдыстадон: куысты билингвизмы фарст, комкоммæ рецеизимæ чи нæ хауд- та цыма, фæлæ сæрмагонд уацы дзуринаг чи уыд. Билингвизм та конкретонæй Гиуæрги æмæ Андырийæн уыд се сфæлдыстадон куысты сæрмагонд миниуæг, ома æцæгæй уыд ацы дыууæ поэты сфæлдыстадон портрет аразæг компонент. Афтæмæй мах ! иу къаннæг уацы федтам критикæйы сæйрагдæр жанрты хицæн " хуызтæ. Æмткæй уыцы рецензиты характерон миниуæг уыд уый^ æмæ сæ автрртæ сæхицæн уæлхæсыл нымадтой алфамблай æхсæнад. æмæ литературон царды социалон-æгъдаудзыды фалдзус æрфыс- сын, хатт-иу рецензиимæ æнæмæнгхъæуæг композицион иудзи- ’над куы нæ арæзтаид, уæддæр. Уый дæр æмбаринаг у бæрæг уа- вæртæй, уацмыс хъуамæ æххæст кодтаид бæлвырд социалон хæс. Нæ хъуыды равдисыны тыххæй æркæсæм Тыбылты Алыксандр- æмæ Нигеры рецензитæм. Дыууын фарæстæм азьг «Фи^иуæджы» цыппæрæм номиры фæзьптд Алыксандры рецензи Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Æфсæнуæйыг»-,ыл. Созырыхъо уыд, социалистон Ирыстоны ног 1 Уацыл, кæй фыст у, уый бæрæг нæй æмæ, уымæ гæсгæ, йæ автор чи у, уый дызæрдыг æвзæрын кодта. Уæддæр, 1982 азы Бекъойты Гиуæргийы чи- ныг мыхуырмæ куы цæттæ кодтон, уæд æм уыцы уац дæр бахастон. Уыцы бар мын лæвæрдта,' уацæн йæ абаргæ стилистикон анализы бындурыл цы хатдзæгмæ æрцыдтæн, уый, стæй ноджы удæгас æвдисæнтæ дæр дзырдтой ахæм хъуыды. Фæстæдæр Цæгат Ирыстоны паддзахадон архивы куы куыс- тон, уæд æнæнхъæлæджы ссардтон ацы уац Бекъойты Гиуæргийæн йæхи къухфыстæй, йæ быны йæ ном æмæ мыггаг æвæрд. 2 Фыццаг хатт мыхуырьг рацыд «Фидиуæджы», 1976, № 1 мæ публика- цийæ. КГ
„царды бæрджытæ цырддзастæй чи ахста æмæ сæ аив ахорæн- тæй чи æвдыста, уыцы нывгæнджытæй. Алыксандр та цин код- та раст ахæм фысджытыл: аив уацмыс æмæ нывгæнæг хъуамæ цыдаиккой царды æцæгдзинадæй, се ’хсæн хъуамæ уыдаид аххос ^мæ фæстиуæджы æнгом^ бастдзинад. Аххос, ома, радзырды со- циалон-психологон-фалдзус кæй хонæм, уый, зынгæ бынат ахсь* рецензийы дæр, канд идейон æгъдауæй нæ,"фæлæ физикон æгъ- ^цауæй дæр — рецензийы уымæн лæвæрд цæуы дыууæ æртыккæ- гæм хайы: чи у Хъуылаты Созырыхъо, куыд рæзы социализм, ку,ыд æвзæрынц заводтæ, фабриктæ, куыд ныллæууыдысты Ир^- .стоны хъæутæ коллективизацийы фæндагыл, иутæ — зæрæдтæ йæ куыд не ’мбарынц æмæ нæ уарзынц, иннæтæ — фæсивæд æй ,куыд уарзынц æмæ йæ сæрыл куыд хæцынц (уый у радзырды сюжет дæр). Чиныджм фæрстæй уый ахсы цыппар ф^рсы, иу фарс æмæ дзы æрдæджы бæрц та лæвæрд цæуы конкретоиæй радзырды фæлгонцон-эмоцион хайы анализæн. Куыд уынæм, афтæмæй Алыксандр фыццаг рады æвæры кри- тикы публицистон хæс, ног литературон уацмыстæ æмæ фыс- джыты пропагандæ кæныны нысæнттæ, критикæ кæны, уæддæр тынг хъавгæ. Уырдыгæй æвзæргæ у рецензийы стиль дæр,— æп- пьшæдзухдæр йæ зæрдыл дары чиныгкæсæджы, хъуамæ йæм ,фæхæццæ кæна фыссæджы уацмыс, райхъал ын кæна йæ цымы- дис: «Мæ дзырд кæй нæ уырны, уый бакæсæд Хъуылаты Созы- -рыхъойы фæстаг таурæгъ «Æфсæнуæйыг». «Йæ тæккæ хорз рæ- стæгыл рацыд «Æфсæнуæйыг», «хæрзконд, хæр’зæлвæст рауадис Хъуылаты Созырыхъойы ног,таурæгъ», ахæм аргъгæнæн ныхæс- <тæ дзурынц иæ хъуыдыйы рæстдзинадыл. Уацмысы обльективон аивадон аргъ базоныны курдиатæй ’дарддæр Алыксаидр хайджып уыд критик-æхсæны лæджы куы- рыхон зондæй: сæ дыууæйы дæр уарзта, афтæмæн лæууыд фчс- сæг æмæ чиныгкæсæджъ1 ’хсæн сæ иуы иннæмæ хæстæг кæнгæйæ. Уый бæрæгæй, зыны ракойгонд уацы дæр. Уыцы курдиатæн ни- чи уыд хайджын Алыксандры хуызæн, уымæн та къаддæр ны- саниуæг нæ уыд Ирыстоны дыууынæм-æртынæм азты литерату- рон царды. Куыд Алыксандримæ абаргæйæ, афтæ æмткæй дæр цасдæр æкдæрхуызон ахаст уыд Нигер-критикæн, куыд аив уацмусмæ, .афтæ нывгæнæгмæ дæр. Уый тынгдæр уыд апалитик, йæ цæст- æнгас фылдæр здæхта уацмысы хуылфмæ. Æниу публицистон гакк хæсс,ыиц уый рецензитæ дæр, фæлæ къаддæр хæдбарæй. Ацы миниуджытæ бæрæг сты Дзсстьг Куыдзæджы радзырдты чиныг «Хæхтыл» фыст рецензийы1. Ам уый фыссæг æмæ чиныгкæсæджы ’хсæн лæууæг нæу, се Лхсæн ахастытæ йын не сты сæйраг, сæйраг ын сты уацмыс æмæ ^авторы хъуыддæгтæ. • Кæд-иу раппон-социологон критикæйы тæваг фæхæццæ Алык- 1 «Мах дуп>, 1934, № 1. ;122
саыдр æмæ Нигеры рецензитæм дæр, уæддæр æппæт иннæты ’хсæн тынгдæр ахадгæ уыдысты, уæлдайдæр 30-æм азты,'Цомахъ^ удæгас куынæуал уыд æмæ Гиуæрги та активон литературон куыстæй иуварс куы ацьгд, уæд. '• Хритикрн у а ц- Литературон критикæйы жанрты ’хсæн ахсджиаг бынат ахсы критикон уац. Сæйраг факттæ, фæзындта^. хабæрттæм гæсгæ баиугонд хатдзæгтæ кæнгæйæ уымæн йе ’ргой’ здæхт у литературон процессмæ, æвдисы йын йæ хъаймагъ МЙ- ниуджытæ, проблемæтæ æмæ сын хæссы йæ тæрхон дæр. Афтæ^ мæй уац у литературон процесс ифтонгг&нæг мадзал дæр. *',;: . Критикоц уацтьг аль1хуызоп,,хуызтæй ’ банысангонд рæстæ-- дкш иронкритикæйы арæхдæр æмбæлæм , литературон ахуыры уацтыл,, полемикон уацтыл, уацтæ-фыстæджытыл/æмæ афæлгаё^ стон уацтыл. .Стæм уыдысты уæд дæр æмæ ’уый фæстæ дæр наег* критикæйы, теоретикон здæхт кæмæн ис, ахæм уацтæ. Дыууы* нæм-æртынæм азты литературон критикæйы уый уыд .уæлдкиг Ц1гстуыпгæдæр. Тынгдæр баст уыдыстьГфакттæм—факттæ, ф&- зьшдтæ, хабæрттæ иу кæнык æмæ уыдон бындурыл уæрæх т60- рстикон хатдзæгтæ аразыны арæхстдзинад нæма уыд’нæ критй- кæмæ. Цæвиттонтæ бйрæ ис уый тыххæй æрхæссæн, фæлæ фаЗг’у ракой кæнынæн Фæрнион Къостайы уац «Большевикон дуджьг аивад» дæр1. Литературæйы цард-зонæн хъомыс æмæ йæ дæсны- йадон миниуджыты тыххæй иуæй-иу раст хъуыдытæ зæгьгæйæ- конкретон хъуыддæгтæм куы рахызт, уæд балæууыд вульгарон* социологизмы дæлбазыр. Хицæн фысджыты, хицæн уацмыстЫ, литературæ æмæ царды контекстæй равдыста иппæрдæй, раег аргъ сын не скодта. Ахæм вазыгджин фарст, куыд æхсæнады со- циалон-политикон формаци æмæ аивады æмахаст Фæрнионмæ* хæссы цахæмдæр статикои æууæл, йæ диалектикон ныхмæвæрд ахастытæ йын слæгъз кодта, афтæмæй. Фæрнионмæ гæсгæ, аива- дон прогресс комкоммæ .баст уыд адæмы фæрныг цардимæ,— аивады фарстайы вульгарон социологты сæйраг рæдыдтытæй иу. Бæрæг рæстæджы — дыууынæм азты дыккаг æрдæджы — æртынæм азты райдиан тынг арæх уыдысты литературон ахуы- ры уацтæ, сæрмагондæй мыхуыр цыдысты, сфæлдыстадон куыст- мæ йæ хъус чи дардта, уыцы фæсивæдæн æмæ уыдон >фыстытэё- анализ кæныны тыххæй. , " " Сæ автортæ уыдысты Ирыстоны фæлтæрддæр фысджытæ. Уыцы уацтæн сæ иумæйагдæр æмæ характерондæр миниуæгуыд литературон зондамонын, сфæлдыстадон куысты дæсныйадыЛ’ цайдагъ кæнын. Ацы мадзал дæр æххæстгонд цыд ВАПП-ы уы- наффæтæм-гæсгæ. Уыдон æвзонг автортæй домдтой æртæ сæйраг хъуыддаджы: ахуыр кæнын, хикритикæ æмæ фыссын (айв уац- мыстæ фæлдисын). Кæд уацтæ иу нысанæн фыст цыдысты, уæд- дæр-иу хицæн кодтой сæ эстетикон домæнтæ æмæ к’рйтеритæй. Се ’хсæн-иу фæзындис, ахсджиаг сфæлдыстадон фарстатыл фыст" 1 «Фидиуæг», 1931, №№ 10—11. \ 1'3-
уацтæ дæр. Ахæмыл нымайæм Бекъойты Гиуæргийы уац — «Ахуыр — фылдæр, фысгæ уал — къаддæр»1. Искæмæн зæндтæ амонын нæу иууыл аив хъуыддаг, фæлæ хистæры, фæлтæрд адæймаджы зонд кæстæрæн уыд æмæ уыдзæн царды скъола. Ахæм хуызы аргъ кæнын хъæуы, йæхицæн «царды мидæг аив ли- тературæйæ зынаргъдæрыл чи ницы нымадта, уæлдайдæр та нæхи æвзагыл фыст», уый уацæн дæр. Авторы дзурын кодта, уы- цъгзынаргъдæрыл кæй нымадта, уымæн цыт кæныны, бæрзонд æмæ йæ сыгъдæг -æвæрыны æнкъарæн. Гиуæргимæ «Рæстдзи- над»-ы редакцийы цы къухфыст æмдзæвгæты æргъом радта,, уы- донæн йæ тæрхон уыд цæхгæр æппæрццæг. Æниу дзы никæцы æвзонг фыссæг æмæ уацмысы кой ракод- та, уымæн æмæ сæм аивадонсæрмагонддзинадæй ницыма уыд бафиппайæн. Æвзонг фысджыты хъусдард Гиуæрги иууылдæр аэдæхта иу хъуыддагмæ — зæрдиаг куыст æмæ ахуырмæ. Уы- мæн æмæ критик куыд амыдта, уымæ гæсгæ «курдиат стыр куы иæ уа фыссæгмæ, афтæмæй уæддæр теори хорз куы зона, уæд здæмæн пайда .чи уа, ахæм уацмыстæ фыссын йæ бон бауыдзæн. Æнæ теори зонгæ та курдиатджын фыссæг дæр уыдзæн кæддæ- риддæр æнахъом, æдых»2. Гулуты Андыри райдайгæ автортæн рæсугъд, æлвæст фыс- .. сыны хъуыддаджы фæзминагыл нымадта Хетæгкаты Къоста æмæ Гæдиаты Цомахъы («Размæ»-йы фысджыты тыххæй»)3. Сæйраг рифмæ нæу, зæгъгæ, сæйраг у уацмысы апп, уый фæстæ йæ рифмæтæй дæр сфæлынд. Андыри йæ ныхас æрæфтылта бæ-^ рæг-бæлвырд авторты тыххæй æмæ сын сæ фысты хъæд бафауд- та, «бæгънæг» агитацион кæй сты, уымæй. Фæлæ критикы амыид- тытæ сæхæдæг дæр иууыл æнанпп нæ уыдысты. Йæ хъуыдымгз гæсгæ фыссын нæ хъуыд рагон цардыл, хур, дымгæ, мигътæ æмæ стъалытыл, уымæн æмæ, дам, уыдон пайда не сты. Ахæм уыд æмткæй «Размæ»-йы редакцийы хъуыды, æмæ, зæгъæи пс, Ан-» дыри дæр-зонгæ-зонын фæлхат кодта уый. Тынгдæр раппон позинитыл лæугæйæ фыста йæ литературон ахуыры уацтæ Дзанайты Сергей. Гиуæрги æмæ Апдырийы хъау- джы Сергей литературон-сфæлдыстадон амындтытæ лæвæрдта канд кæстæртæн нæ, фæлæ хистæртæн дæр, суанг ма Нигерæн дæр. Амыдта йын, зæгъгæ, «фыссын хъæуы цингæнгæ, хъæлдзæ- гзей»4. Уыдонæн эклектизм уыд сæ сæйрагдæр мнниуæг, не ^ицой кодтой исты бæлвырд зонадон.хъуыдыйыл, уымæ гæсгæ иæй зæ- гъæн, зæгъгæ, сын уыд æвæрццæг æндæвдад рæзгæ литерату- рон фæсивæдыл. Æмткæй 20—30-æм азты аив литературæйы фарстаты фæ- дыл æмбаргæ ныхас чи кодта, уыдон се ’ппæт дæр сæ зæрдæмæ 1 «Размæ», 1928, № 2. 2 Уый дæр уым. г Уый дæр уым, 1930, № 2. 4 Уый дæр уым, 1928, № 2. 124
хастой, фæсивæдæй тынг бирæ йæ хъус сфæлдыстадон куыстмæ кæй дардта, фæлæ иумæйаг "ахуырад æмæ литературæйы теори- йæ дæр æдзæттæ кæй уыдысты, уый. Уымæ гæсгæ-иу вазыгджын лсторион-литературон фарстатыл дзургæйæ дæр архайдтой, сæ ныхас хуымæтæгдæр, æнцондæр æмбарæн куыд уыдаид, ууыл, сæхи хызтой сæрмагонд терминтæй, уæзбын зонадон стилæй. Иуæй-иу литературæзонæн уацтæ та фæсивæдæн литературон ахуыр раттын нымадтой сæ комкоммæ хæсыл. Номхуындæй ахæм еты Нигеры литературæзонæн уацтæ —«Пушкины поэти- кæйы тыххæй цалдæр дзырды», æмæ «Къостайы поэтикæйы тых- хæй»1. Пушкины поэтикæйы тыххæй фыст уацы Нигер комком- мæ зæгъы: «Æз мæ разы æвæрын ахæм хæс: ирон райдайæг по- эттæн кæд чысыл феххуыс кæнин Пушкины поэтикæйы тыххæй, Пушкины дæсныйады сæйрагдæр æууæлты тыххæй...», цæмæй сын æмбæрст уыдаиккой, ахуыр сыл кодтаиккой, механикон æгьдауæй нæ, фæлæ зонгæ-зоныи, истаиккой сæ традицийы хуы- зы. Фæлæ ирон райдайæг поэттæн уый пайдадæр уыдаид, сæхи мадæлон æвзагыл фыст æрмæгæй йæ куы равдыстаид, уæд. Æмæ уый тыххæй æркаст Кьостайы поэтикæмæ, уый у лæмбынæгдæр фыст. Ногдзинад хæссыпы хуызы æмдзæвгæйы æддаг, формалон æууæлтæм уæлдай хъусдард здахын æмæ схематикон фысты рæ- стæджы -бæрæг уыд, Нигер цæуыл тыхст, уый: «Классикты лите- ратурон техникæ хорз базонгæйæ ирон фысджытæ тагъддæр фæ- хæст уыдзысты литературон дæсныйады элементтыл». Æмæ дарддæр: «Тынгдæр æххуыс нын фæуыдзæн ацы ран Къоста, ирон аив литературæйы бындурæвæрæг æмæ йæ корифей, ирон литературон æвзаг саразæг»2. Иумæйаг грамматикон æмæ сыгъдæг поэтикон фарстатимæ дзырдаразын æмæ дзырдфæлдисыны æгъдæуттæ, троптæ æмæ æмдзæвгæамады алы хуызтæ æмæ æндæртимæ Нигер дзырдта литературæзонæны методологон фарстатæм хауæг хъуыддæгтыл дæр, зæгъæм, формализм (модернон аивады бæрæг-бæлвырд цыдад) æмæ формæ (поэтикон уацмысы æууæл), стæй формæ æмæ мидисы, айвад æмæ æхсæнадон цардьг кæрæдзимæ ахасты- тæ æмæ æнд. Уыдон дæр ахæм хуызы, цæмæй, нырма æнахуыр- гонд æмæ сфæлдыстадон куысты дæр æдзæттæ чи уыд, уыцы фæ- сивæдæн уыдаиккой æмбæрстгонд, цæстуынгæ. Литературон зондамонæджы хиад уыд. «Размæ»-йы редак- тор Барахъты Гинойы уацты дæр, фæлæ уый уæддæр йæхи тынгдæр æппæрста литературон быцæутæм — полемикон ныхас- **æ, уымæ гæсгæ йæ ахуыргæнæджы ныхас кæронмæ хъахъхъæд нæ цыд, ивта. Ноджы ма Гино æмхиц уыд юмормæ, уæрæх пай- да кодта иронийы амæлттæй. Уыцы миниуæг ын йæ уацтæн дæт- ты сæрмагонд хæдхуыз, уый руаджы сты æнцон кæсæн. «Цавæр 1 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, 1940, IX т. *~Уый дæр уым, 120 ф. К5
критикæ хъæуы мах?», «Мæнæ дæр та»1, «Мæсты кæнынц æгæр»2" æмæ æндæртæн, полемикон,цыргъ кæй сты, уый дæтты сæ иррни- здæхт. Гино полемикæ кодта,.канд хицæн фы’сджытимæ нæ <— уацмыстæ мыхуыры уадзæг редакцитимæ дæр. Фыццаг уацы -т- «Цавæр критикæ хъæуы мах», зæгъгæ, уым полемикæ . кæимæ кæны,уыдон сты журнал «Фидиуæг» æмæ йæ автортæ. Æвзонг поэттæ — Æхсæрдзæн3, Фæрнион æмæ Мамсьфы-фырты æмдзæв- гæтæ фаудта æнкъарддзинад æмæ есенинщинæйæ. Уый тыххаей оын кодта^куы барджын бустæ. (Æхсæрдзæнæн):* «Цавæр «тар бонт.ы» бахаудтæ?;. цæуыл- хъарæг кæныс?», (Фæрнионæн).: «Мард знагæй рацæуа!». Куыта-иу йæ иронн рахызт сарказм- мæ: «Мæнæ дæр та иу.хорзкъæссайы комыл.хæцæг—Фæрнщщ . К’ьоста». Поэт йæ иу. æмдзæвгæйы фыста: «Иунæгу ме/м.бал~ мæлæт». Гцно йын бафиппайдта: «Уый-дæргбæззы. Раст д-æ. ак- каджы фæндагылхлæуд фæдæ». / •; , •• -. * : ••• «Фидиуæг» рагон цардыл фыст уацмыс —«Фæтæг, Алгъуызы мæлæт» кæй ныммыхуыр кодта> уый ’бадардта редакцийы цæст- мæ, бафиппайдта йын: .«Размæ4 æви. фæстæмæ?», ома, ивгъуыд цардыл ма цæмæн хъæуы фыссын. Афтæ Хетæгкаты Дауыты æм- дзæвгæты тыххæй дæр. Уым «фынтæ уынынц рагон мæсгуытæ»г «нафы бадынц хох æмæ къохæй»/ома Октябры революци сæ фæ- сонæрхæджы дæр нæй. Фарста: «Цы хабар у, цы, «Фидиуæг»?* Тæрсын, кæд ын махау ды дæр ницьг æмбарыс?..» Гино, йæ ирони цыргъдæр куыд уыдаид, уымæн агуырдта æндæр æмæ æндæр амæлттæ: уацмысы автор-иу цы хъуыдьг загъта, уымæн-иу критик скодта пародион кæрон, арæхдæр йæ- хи ныхæстæ ныхты бакæнгæйæ,-мæнæ афтæ: («Æмæ Тамарæмæ æндæр хъуыды дæр куыд æрцæуа хъуамæ? Коммунист, ма цæ- мæн ныхас кодта йемæ! Комсомолкæ ма цæмæн у?»). Науæд та-иу йæ ирони равдыста дзырдæппарæнæй, зæгъæм, афтæ: «Иу цавæрдæр коммунист (уыцы фыдбылыз, уый!)», «Скомсомолкæ ис Тамарæ дæр (æллæх, æллæх, цы æнамонд хабар уыди!)» æмæ æнд. Ахæм дзырдæппарæнты руаджы критик æвдыста уацмыси- мæ, фыссæгимæ — ам -Коцойты Арсен æмæ йæ радзырд* «Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв», зæгъгæ, уыимæ разы кæй нæу, уый. Цыбыр цыргъ репликæтæй Гино тынгдæр æргом кодта, ра- дзырды персонаж Тамарæйы фæлгонц æнæхъола кæй у, уый. Полемикоы уацты типмæ ахæссын хъæуы альманах «Зиу»-ы дыууæ чиныджы разныхæстæ - дæр, ныффыста сæ Къосыраты Сæрмæт. Цыргъ полемикон здæхт ис «Зиу»-ы фыццаг чиныджы фæзынды тыххæй фыст Бекъойты Гиуæргийы уацæн дæр —«Не ’йзонг тыхтæ», зæгъгæ. Пролетарон критикæйæн æмткæйхарак- терон уыд полемикæ’, быцæу ныхас. 1 «Размæ», 1928, №№ 2—3. * , 2 «Рæстдзинад», 1928, № 52. 3 Æвзонг поэт чи уыд, уый не сбæрæг и. ■ г 1*6
Фыстæджы хуызы критйкон уацтæн фылдæр уыд дыууæ адæймаджы ’хсæн диалоджы хи сæрмагонд ахаст, кæнæ та фыст цыдысты, искæцы проблемæмæ æмхуызон кæнæ ныхмæвæрд цæс- тæй кæй кастысты, уый фæдыл, уымæ гæсгæ мыхуырмæ къад- .дæр хæццæ кодтой, стæй фысджыты архивты дæр хæрз стæм- тæй фæстæмæ хъахъхъæд не ’рцыдысты. Уæддæр нæ бон ракой кæнын у цалдæр фыстæджы, уыдон æхсæн, Къосыраты Сæрмæт Цомахъмæ кæй ныффыста, Хъуылаты Созырыхъо æмæ Коцойты Ареен Нигермæ кæй ныффыстой, уыдон. Адон иууылдæр баззадысты къухфыстæй æмæ сæ дзырд цæ- уы сæ заманы Ирыстоиы литературон царды ахсджиаг фарста- тыл. Сæрмæты фыстæг æргом кæны 20-æм азты ирон фысджыты ’хсæн карз идейон тохы уавæр, æвзонг пролетарон фысджыты ’хсæнад «Зиу»-ы сæвзæрды нстори æмæ йæ нысæнттæ. Æмткæй -Сæрмæты фыстæг алы ’гъдауæй дæр у, раппонтæ хистæр фыс- лжытæм цы ’нæбарон, зынбыхсæн ахаст дардтой, уымæн хорз дæнцæг, хицæн кæны йæ мидис, йе стильг дæрзæгдзинадæй. Ахæм зхаст и Созырыхъойы фустæгæн дæр, фыст æрцыд Ни- геры уац «Цы у, цы уавæр у аив литературæ»-йы фæдыл. Созы- рыхъо дæр разы иæ уыд, Нигер ивгъуыд культурон бынтæм цы æвæрццæг цæстæнгас дардта, уыимæ. Æндæр ахаст ис Арсены фыстæгæн. Уый цардвæлтæрд зон- дæй уынаффæ ка^ны йæ кæстæр æмсисæн, цæмæй по^зийы аив- дзинæдтæй хайджын уой йе ’мдзæвгæтæ. Арсены адæнкъарæн уыд классикон æмдзæвгæйы дЪмæнтæм гæсгæ æмæ нæ иста по- эзийы иннæ хуызтæ, уымæй нæ разы кодта Нигеры æмдзæвгæ- амадимæ дæр, кæд æй «уæларвон зынгæй хайджыныл» нымад- та, уæддæр: «Цалынмæ æмдзæвгæты алы дзырд дæр йæ бынаты сбада, уалынмæ-иу æй дуармæ ма рахæссут. Бирæ фыссынмæ ма хЪавут, фæлæ чысыл æмæ дзæбæх»1. Афтæ домдта йæ кæс- тæртæй. Иæ заманы поэтикон фыстытæй Арсены зæрдæцъæхæн уыдис реалой бындур, уый гуырди «годзыкъæхтыл цæуæг поэт- ты» фыстытæй. Тынг арæх нæ пайда кодтой нæ критиктæ афæлгæстон уацтæй дæр. Уæддæр нæм 20—30-æм азтæй баззад цалдæр, рæгъмæ рахæссынæн чи бæззы, ахæм афæлгæстон уацы. Ам фыц- цаджыдæр банысан кæнын хъæуы Бекъойты ГиуæрЬшы истори- кон-литературон афæлгæст—«Ирон фыссынады равзæрд æмæ рæзт» (1923). Хъуылаты Созырых(ъойы—«Ирыстоны ныры лите- ратурæ»2 æмæ Къосыраты Сæрмæты—«Нæ ног литературæйы тыххæй»3. Литературон афæлгæстытæ нæм уа-бæркадджын кæй нæ уыдысты, уымæн йæ аххоссагыл иæ ’бон банымайын у, литера- турон цард нæм цырен кæй нæ уыд, реалистон критикæйы авна- 1 ЦИЗИИ-йы архив, 28 ф., 1 сфыст, 136 æвæр. иуæг. 2 Журнал «На рубеже Востока», Тбилиси, 1930, № 1. 3 «Рæстдзинад», 1930, 18 июнь. 127
лæнтæ къуындæг кæй уыдысты, анализ æмæ синтезы амæлттæй уæндонæй кæй нæ пайда кодта, ’уый. Æнæ уыдон та афæлгæстон уацæн нæй йæ нысантæ сæххæст кæныны амал. Афæлгæстонуа- цы зындзинад фылдæр, кæны уымæй дæр, æмæ уый структурон æгъдауæй дæр у вазыгджындæр. Ахæм уацтæ «вбирают в себя и проблемную статью^ и монографическую рецензию, параллель, и сатиру»1 æмæ ма ноджы æндæр цыдæртæ дæр. Домыццсæр- магонд теоретикон цæттæдзинад æмæ методологон дырысдзи- над, литературон процесс уынын, уым алы фæзындæн дæр æмт- кæй литæратурон конспекты аргъ кæнынмæ арæхсын. Ацы ми- ниуджытæй, цы уацты кой.ракодтон, уыдон æхсæн ифтонгдæр у Гиуæргийы уац. Критикы афæлгæсты миджанрон сæрмагонд ми- ,ниуæг у йæ историоцгдитературон æрфысты æууæл. Автор .æй йæхæдæграхуыдта «цыб.ыр æрфыст» æмæ йын уымæй бацамыд- та йæ жанрон миниуæг. Æрфыста ирон литературæйы истори: йæ сæвзæрдæй фæстæмæ. Ома афæлгæст нæ рæзы фæйнæрд^м^ арæхдæр афæдзы афæлгæстыты куыд вæййы, афтæ, фæлæ рæ’зы хæрдмæ, вертикалон хуызы — ивгъуыдæй абонмæ. .чч Гиуæрги афæлгæст аразы ирон фыссынадыл йæ фæзындæй фæстæмæ, йæ сæйрагдæр цаутæ банысан кæнгæйæ, йæ бæрзонд- дæр дæнцæгтæн анализ аразгæйæ. Афæлгæстон уацты æвæрд фæцæуы проблемон фарстатæ — ракойгонд уацы ахæм дæнцæ- гæн нæ бон банысан кæнын у, ирон литературон критикæйы фъщ- цаг хатт сæрмагондæй æвæрд чи æрцыд, аивады адæмондзинад æмæ реализм, зæгъгæ, уый. Фыццаг хатт уæрæх историкон-лите- ратурон контексты ирон литературæйы фæд-фæдыл рæзты исто- римæ каст æрцыд ацы уацы. Афæлгæстон уацы фæйнæрдæм рæзгæ æууæл хæссынц Созы- рыхъо æмæ Сæрмæты уацтæ, кæд сæ ивгъуыдмæ авнæлдтытæ арæх и, уæддæр. Фыст æрцыдысты иу рæстæджы, æмæ сæ ком- коммæ нысан уыд Ирыстоны пролетарон фысджыты съезды раз- мæ ирон литературæйы фарстатыл æруынаффæ кæнын. Съезды Созырыхъойы сæйраг доклад арæзт æрцыд ацы уацы бъшдурыл. Дыуушнæм азты кæрон — æртынæм азты райдиан идеологон тохы гакк æмхуызон ирдæй зыны пролетлитературæйы тырыса- .хæссæг дыууæ критикы уацтыл æмæ уымæй бæрæггонд цæуы се стиль æмæ критикон мадзæлтты арсенал дæр. Сфæлдыстадон портрет. Кæд рецензи фыст цæуы бæ- рæг-бæлвырд уацмысыл, уац та литературон процессы хъуыд- дæгтæ æвзары, уæд сфæлдыстадон портреты та ныхас .цæуьг нывгæнæджы индивидуалон-сфæлдыстадон хиæдты тыххæй—ца- вæр аивадон дунейы хицау у æмæ цæмæй хицæн’ кæны æппæт иннæтæй, уыдæттыл. Сфæлдыстадон портрет фыссæг хъуамæ дæсны æгъдауæй зона,- кæй портрет фыссы, уымæн «йæ удгой- маджы сусæгдзинæдтæ» (Белинский) йе ’ргом скæна уыдонмæ. Уый афтæ нæ нысан кæндзæн, ома историон уавæрæй иппæрд 1 Б. Егоров. Мастерство литературной критики,11980, с. 119. ГЗ
кæны: «Лишь такой путь обеспечивает нам подлинный историзм в изучении литературного процесса в целом, как и каждого боль- шого писателя в отдельности»1. Уымæн, æмæ алы зынгæ нывгæ- нæджы сфæлдыстад дæр у субъективон, æмæ йын нæй æндæрти- мæ схæццæгæнæн. Растдæр ахæм æгъдауæй фыст у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадон портрет дæр Бекъойты Гиуæргийы уац «Поэт-æмбæстаг» («Поэт-гражд’анин») — ирон критикæйы сфæл- дыстадон портреты цæстæвæрæндæр дæнцæг. Къостайы поэзимæ ахæм хуызы кæсын, ома уъш у бæрæг-бæлвырд социалон-поли- тикон мотивтæй æмæ йæхи сæрмагонд уды миниуджыты æмар- хайдæй æвзæргæ,— у Къостайæн аргъ кæныны растдæр прин- цип. Уыцы æууæл ъш критик банысан кодта æппæты сæрæй æмæ дарддæр, йæ критикон ныхас нывæндгæйæ йæ зæрдыл дары уый: «Коста Хетагуров является одним из тех поэтов, о творчестве которых нельзя говорить вне связи с их индивидуальными каче- ствами»2. Уац кæсгæйæ мах автор уæгъд нæ уадзы æмæ нын æвдисы, царды уавæртæ куыд арф æндæвтой’поэты удыл æмæ йыл цахæм тæлмæнтæ уагътой, уый, æмæ йæ дуджьг цардмæ мах кæсæм æмæ йæ уынæм поэты уды цæстытæй. Критик нын райхалы иде- йæтæ æмæ сагъæстæй æмæндыгъ Къостайы поэзи ахæм хуызы, æмæ нæ цæстыты раз дарддæр рæзы Къостайы трагикон хъыс- мæт, йæ райгуырд æмæ амæлæты ’хсæн рæстæгыл нæ фæуд кæ- ны, нæ цæстыты раз сысты йæ æвæлхатт адæймаджы æмæ поэ- ты æвæджиау хуыз. Гиуæрги æмхиц уыд фæлдисæг удгоймаджы психологон хабæрттæм ’æмæ йæ уый здæхта поэты биографимæ, йе сфæлдыстад ын йæ биографиимæ æнгомдæр бæттынмæ. Гиуæргийы уацы фæстæ куы <бакæсæм Цæголты Аннæйы.уац «Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады тыххæй», уæд, се ’хсæн цы хицæндзинад ис, уый разындзæн бæрæгæй. Уый æмткæй ис Къо- стайы сфæлдыстадæн социологон æгъдауæй аргъ кæныны фæл- гæтты, фыст у, ирон адæмы къуындæг социалон уавæртæ æмæ национ æфхæрд поэты сфæлдыстады куыд разындысты, ууыл. Цæголон растыл нæ нымадта, поэты сфæлдыстад «уæлдай тынг- дæр» йæ биографиимæ чи баста, уыдоны хъуыды. Ам мах фип- пайæм, Къостайы сфæлдыстад фылдæр йæ биографнйæ æвзæры, зæгъгæ, Бекъойты Гиуæргийы уыцьг хъуыдыимæ. Æмæ кæд уый афтæ у, кæд уыцы хъуыддаджы Цæголон номхуындæй Гиуæрги- йы дардта йæ зæрдыл, уæд алцæмæй нæй йемæ сразы гæнæн. Гиуæргийьг уьгцьг хъуьгды, зæгъгæ, Къостайы поэтикон сфæлдъг- стадæн нæй аргъгæнæн æнæ йæ удьг индивидуалон миниуджы- тæм гæсгæ, уьгд æмæ ньгр дæр у ахадгæ. Фæлæ Цæголоны уац иннæты ’хсæн уьгмæй хицæн кодта, æмæ йæм уыцы социологон ахаст уæддæр æгæр ’нæ кæны, Гиуæргимæ биографион ахаст, «индивидуалон миниуджытæ» куыд не ’гæр кодтой, афтæ. Ацы 1 Б. И. Бурсов. Критика как литература, 1987, с. 6. 2 ЦИЗИИ-йы Уацхъуыдты чиныг, I т., 39 ф. 9 Закаэ № 59 129
хъуыды зæгъгæйæ, æз нæ исын, уæддæр Бекъойы-фырты уацмæ цы символистон тæваг ис, уый. Ирон критиктæ сфæлдыстадон портреттæ фыстой уæлдай’ арæхдæр, хицæн критикон-биографион хабæрттæй райдайгæйæ уæрæх уацты онг. Дзырд цы рæстæгыл цæуы, уым сын фылдæр уыд фысджыты сфæлдыстадæн идейон аргъ кæныны нысан. Уый домдта кълассон тохы уавæр, аивад æмæ культурæйы кусджытæ ма къордтæ-дихтæй кæрæдзийы пыхмæ идеологон быцæуыл лæуд куы уыдысты, уæд. Сæ иуты пысан уыд, цæмæй литературон бынтæ æмæ удæгас фысджыты сфæлдыстад дæр æфхæрд ма баййæфтаиккой, сбæлвырд сын кодтаиккой сæ бынат национли- тературæйы. Афтæ зæгъын хъæуы, Цомахъ Хетæгкаты Къоста’, /Ламсыраты Темырболат, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбызды- хъойы сфæлдыстадыл цы уацтæ ныффыста, уыдонæй. Уымæй дарддæр, Тыбылты Алыксандр, Нигер æмæ Ц&голты Аннæйы уацтæ Къостайы тыххæй. Уыдис дзы уыцы позицийы ныхмæ æр- гомæй архайæг уацтæ дæр. Иукъорд уацы та фыст æрцыд ног фысджыты адæмæн базонын кæныны сæраппонд, куыд, зæгъæм, Цомахъы уац—«Нæ ног поэттæ»—Нигер, Хъамбердиаты Мы- сост æмæ Фæрнионы тыххæй, Тыбылты Алыксандры «Силуэт- тæ»— Хуссар Ирыстоны цæрæг фысджытæй фарастыл. Сæ ном дæр куыд амоны, афтæмæй «Силуэттæ» нæ уыдысты фысджы- ты сфæлдыстадæн лæмбынæг анализгæнæг. Ирон литературон-критикон уацтæн сæ фылдæр фыстойфыс- джьЪтæ сæхæдæг,— уæд дæр æмæ ныр дæр ирон литературон критикæ сæйраджыдæр у фыссæджы къухæй фыст. Уымæн ис йæхи хорздзинæдтæ, фæлæ æргом сты’ йæ хъуагдзинæдтæ дæр. Йæ хорздзинадыл ын нымайын хъæуы, нывгæнæг нывæвдисыны хъуыддагмæ цьг ахаст дары, фыссæджы сфæлдыстадон лабора- торийы куыд, цы хуызты куыстгонд цæуы, уый нын æдде бакæ- сæджы зондæй кæй нæ дзуры, фæлæ ныи æй йæхæдæг йæ ком- коммæ фæлтæрддзинады руаджы кæй æвдисы. Иæ хъуагдзинад та уый мидæг ис, æмæ фæлгъауыны объективондзйнад æмæ дЫ- рысдзинад цы хъуыддæгтæ домынц, уым æм æмхиц вæййы ныв- гæнæджы субъективизм, тых ыл вæййынц комкоммæ тæлмæнтæ æмæ æнкъарæнтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ:иу кæд критикон монцтæ сæ был- тæй акалдысты, уæддæр дзы критикон уацты алы хуызтæ сæхи фаг пе ’ргом кодтой. Уæд дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр, суанг абоны онг, нæ критикæйы сæхи барджынæй нæ равдыстой ахæм хуызтæ, куыд критикон эссе, уац-трактат, критикон фельетон^ критикон радзырд, диалог, памфлет, литературон параллель æмæ а. д. Цы хуызтæй пайда кодтой, уыдонæй дæр алы хатт æх- хæст хъарутæй, æххæст фадæттæй нæ. Хъуыддаг цæмæ гæсгæ афтæ уыд, цы уыдысты йæ аххосæгтæ, уыдоны тыххæй цыд ны- хас нæ куысты. 130
КÆРОНБÆТТÆН НЫХАС Нæ иртасæн куысты мах бацархайдтам, 30-æм азты ирон ли- тературон критикæ цы кардзæуæн фæндæгтыл цыд, цы идейон- эстетикон нысæнттæ æвæрдта йæ разы æмæ цавæр амæлтты руа- джы æфтыдысты йæ къухы уыцы нысæнттæ, стæй цы рæдыдты- тæ æмæ къуыхцытæм æмхиц уыд, уыдон равдисыныл. Нæ нысанмæ тырнг!æйæ уыцы куыст ^ кодтам афтæ, цæмæй предметондæр хуызы разындаиккой, ирон литературæйæн куыд йæ химбарынады рæзт, афтæ ма литературон процесс йæхæдæг дæр иæ алы хуызтимæ, стæй рæстæджы идейон цæсгом дæр. Ахæм метод нын, зæгъæн ис, ныббаста, дзырд цы заманыл цыд, уый йæхæдæг: литературон критикæ, номхуыдæй 20—30- æм азты кълассон тохты уавæры уыд активондæр идеологон хæ- .цæнгарз. Идеологон фронты никуы æрмынæг йæ хотыхты цæ- хæркалд, фæлтæр цы кодта, уый йедтæмæ. Публицистон сæ типон миниуæг куыд уыд, афтæ ма арæхуыд сæ раппæлинаг миниуæг дæр. Уый руаджы уацтæ цы социалон функци æххæст кæнынмæ тырныдтой, ,уый хуыздæр æфтыд сæ къухы. Уыцы миниуæг уæд дæр æмæ уымæй фæс]гæмæ дæр уыд ахсджиаг литературæйы реалистон аивадон принциптæ биноныг кæныны хъуыддаджы. Æмæ, зæгъæн ис, абон традицийы хуызы нæ критикæмæ уыцы азтæй хуыздæрæн’ цы рахызт æмæ абон кæй фарс хъуамæ хæцæм, уый у критикæйы æхсæнадон активон- дзинад,— царды’дæр æмæ аивады дæр прогрессивонæй цы фæ- зыны, уый ныббиноныг кæныны, æнæидейон æмæ æнæаивадон уацмысты ныхмæ æргом тох цасидыны хъуамæ уына критикæ йе стырдæр нысан. > Фæлæ æртынæм азты куыд æмткæй ирон аив литёратурæйæн, -афтæ хицæнæй ирон литературон критикæйæн дæр уыд йæхи ’ сæрмагонд хъысмæт, уымæй фæстæмæйы литературæйы истори æмæ ирон культурæйы. рæзтыл дæр тынг чи, бандæвта. Уый хъуамæ нæ зæрдыл дарæм æмæ йæ рæгъмæ хæссæм, ирон со- ветон литературæйы историйыл, йæ перспективæтыл ныхас* куы цæуа, уæд. Дзырд дæр ыл нæй, æртынæм азты нæм литерату- рон критикæйы, стæй æмткæй райсгæйæ .аив литературæйы дæр цы тыхтæ уыд, уыдон æнæ фыдбылызæй куы баззадаик- кой, саразын сын цы бантыст, уыдоныл та дуæрттæ æхгæд куы нæ æрцыдаид, уæд фæстæдæр сæ ахадындзинад уыдаид бирæ стырдæр, ныр куыд у, уыимæ йьш абарæн дæр нæ уыдаид. 131
Фæлæ уæддæр мах ныхас кæнæм, къухы цы ис, уыдоны тых- хæй æмæ уыдонмæ гæсгæ хæссæм нæ тæрхон дæр. Нæ куысты æвдыст куыд æрцыд, афтæмæй æртынæм азты ирон критикæ йæ хъус сæйраджыдæр дардта ног литературон фæзындтытæ æмæ ивгъуыд культурон бынтæм, классикты сфæлдыстад анализ кæнынмæ. Литературон критикæйы бар- хъомыс æмхуызонæй дих цыд ацы дйууæ къабазыл. Литера- турæзонæн, литературæйы историйы фарстатæ иртасæг зокад нырма фыццаг къахдзæфтæ кæныныл фæлвæрдта. Хъуыддаг йæхи куыд амыдта, афтæмæй уый хъуамæ райтынг уыдаид цыппорæм азты, фæлæ уæлдæр цы хабæртты кой ракодтам, уыдон ын уыцы фадат нæ радтой. Уымæй дарддæр уыд Стыр Фыдыбæсты хæст. Уым знаджы ныхмæ тохы хъæбатырæй хæ- цыдысты ирон фысджытæ дæр — æрыгон литературон фæлтæр. Сæ фылдæр сæ цард нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Литературон критикæ æмæ литературæиртасæн ахицæн сты æмæ сæхи сæрмагонд фæндæгтыл ныллæууыдысты æрмæст- дæр фæндзайæм азты. Уæдæй фæстæмæ рæзынц сæ хъаруты æмбæрц, æмæ сын сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ. Рæгъмæ кæй рахæссæм, ахæм æнтыстытæ бафтыд нæ литературæзоны- ны къухы хицæн классикты цард æмæ сфæлдыстад историонт социологон цæстæнгасæй ахуыр кæныны æмæ иртасыны хъуыд- даджьь Фæлæ нырма уый зæгъын нæ бон нæу нæ литерату- рæйы ахæм сæрмагонд фарстатæ иртасынаёй, куыд хицæн зын- гæ фысджыты сфæлдыстад, афтæ литературон жанрты, период- ты кæнæ здæхтыты стиль, поэтикæ æмæ æнд. Ахæмты тыххæй нæм нæй, кæнæ та бЫнтондæр нæй сæрмагонд куыстытæ. Литературон критикæмæ цы хауы, уыдон та сты ноджы ва- зыгджындæр. Критикæ уыд æмæныр дæр у æмткæй литерату- рон царды барометр, йе" ’ххуысгæнæг æмæ йæ развæдгæнæг. Иæ уыцы хæс æртынæм азты куыд æххæст кодта, уый федтам, куыд æй æххæст кодта уымæй фæстæмæ рæстæджыты, уый та йæхæдæг сæрмагондæй æвзаринаг фарст у. Фæлæ нæ ам хæрз цыбыртæй зæгъын фæнды æрмæстдæр йæ иуæй-иу тенденциты тыххæй. Куыд хъуыды кæнæм, афтæмæй уыдон типологон, ^гæрыстæмæй, генетикон æгъдауæй дæр баст сты æртынæм аз- ты литературон критикæимæ. Куыд зонæм, афтæмæй æртынæм азты ирон критикæйы, æмæ канд ирон нæ, æппæт советон критикæйы дæр, конфликт сæйраджыдæр æвзæрд, реалон, аналитикон критикæ æмæ вуль- гарон социологизмы ’хсæн ахастæй. Уыцы конфликты позити- вон хъуыддагыл лæуд уыдысты, ома, традицитæ æмæ ногдзина- ды диалектикон æмахастытыл нывæстой сæ литературон-крити- кон куыст æппæты райдианы Гæдиаты Цомахъ æмæ Бекъойты Гиуæрги, дарддæр Тыбылты Алыксандр, Нигер æмæ æнд. Фæ- лæ уыдон хуызы уæддæр позитивон критикæйы принциптæ кæ- ронмæ нæ ныббиноныгсты æмæ уæрæх нысаниуæг нæ райстой 132
ирон критикæйы, бæлвырд субъективон æмæ объективон ахло- сæгтæм гæсгæ. Афтæмæй негативон, вульгарон-социологон кри- тикæйы уидæгтæ куынæггонд не ’рцыдысты, баззадысты арф нуæрстæй, æмæ та-иу сын фадат куы фæци, зæрдæзæгъгæ рæс- тæг-иу сыл куы скодта, уæд та-иу цæхæр æвзарæй рухсмæ скал- дысты. Зæгъæм, вульгарон-социологон критикæйы фæстиуджытæ стынг сты журнал «Фидиуæджы» 1947 азы. Уæд, литературæйы сæрбосыл чи ныххæцыд, уыдон дæрæн кæнын байдыдтой сæ размæйы литературон фæлтæры, цыма сæ уыдон размæ нæ уагътой, сæ фæндæгтæ сын æхгæдтой, уый æфсонæй. Уый уы- ди, литературæйы æнæзæрдæхудт æмæ курдиатджын фæлтæ- рæй æбæрæг маст исыны амал. Суанг ма механикон æгъдауæй фæлхат кодтой раппон-зиууон лозунгтæ, ахæмтæ, куыд «массæ- ты æрбаввахс кæнæм сфæлдыстадон куыстмæ». Ноджы гуымирыдæрæй ’йæхи равдыста вульгарон социоло- гизм ирон, литературæйы классикон бынтæн аргъ кæныиы хъуыддаджы 1952 азы, уыцы азы кæрон дæрзæг дискусси чи расайдта Дзæуджыхъæуы. Уæд йæхимæ тæрхонгæнæджы хæс чи райста, уыдон ирон литературæйы классиктæй иу дæр ахæм нал ныууагътой, гуымиры идеологон, политикон рæдыдтытæй кæй нæ фæазымджын кодтой. Уымæй дæр цæрмыстыгъд кодтой 20—30-æм азты негативон критикæ. Вульгарон социологизм ирон æрдзыхъæды æвдудон кæй разынд æмæ йæм иудадзыг хъусдарын кæй хъæуы, уымæн но- джы иу ногдæр дæнцæг «Ирон советон литературæ»1. Ацы чиныджы автор. йæхæдæг, 30-æм азты ирон критикæмæ бархъомыс кæмæн уыд, уыдонæй у. Æмæ кæд уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæджытæ рацыд, уæддæр йæ рагон зондахаст разынд æгайнаг, йæхи равдыста вульгарон социологизмыл иттæг æну- выдæй. Вульгарон социологтæ эстетикæйы фарстаты уымæй хи- цæн кодтой, рæдыд фæндагмæ уымæн тасыдысты, æмæ нæ зыд- той, нæ быхстой рæстæджытæ æмæ фæлдисæг курдиæтты ’хсæн традицийы хуызы æмбастдзинад, ивгъуыд сын абоны бонимæ уыд антагонистон, куыд мидисæй, афтæ формæйæ дæр. Уац- мысы идейæйæн аргъ кодтой хицæнæй, йæ аивадон мидисмæ сæ хъус нæ дардтой, афтæмæй, кæнæ та йæ нае нымадтой хъус æрдарыны аккагыл. Цы чиныджы кой ракодтам, уый, кæд тынг диссаг у, уæддæр фыст æрцыд растдæр ахæм методæй. Нæй дзы литературон процесс, афтæмæй æвдисгæ та комком- мæ уый. хъуамæ ракодтаид. Ис дзы æрмæстдæр нæмттæ — фыс- джытæ æмæ уацмысты нæмттæ, фæлæ уыдон ницы дзурынц нæ- дæр нæ зондæн, нæдæр нæ зæрдæйæн, нæй сын кæрæдзиимæ бастдзинад. Ахæм метод — æнæаналитикон, схоластикон метод æмлæгъз кæны литературæ, алыхуызон курдиæттæй — стыртæ æмæ чысылтæй конд чи у, ныхмæдзыдтæ сæтгæ чи рæзы. Поэ- 1 Г. А. Мамиев. Осетинская советская литература, Цхинвал, 1983. 13$
ТНКрн уацмысы хорз æвдисынæн æм ис иунæг барæн — агита- црондзинад, афтæмæй йын аивадон уацмыстæ сты æрмæстдæр идейæты иллюстрацитæ. .. 'Иæ метод зклектикон кæй у, уымæ гæсгæ æппынæдзух цу- ды зонадон дырысдзинадæй. Нымайы афтæ,— æмæ уый дæр цæуы йæ вульгарон — социологон цæстæнгасæй,— цыма иугæр аивадон методтæ — классицизм, романтизм, критицйзм, реа- лйзм кæрæдзийы ивынц, уæд хъуамæ æнæмæнгæй аива, поэти- кæадæ, стилистикæмæ сæ цы хауы, уый дæр. Æцæгæй афтæ куы уаид хъуыддаг, уæд ныр ивгъуыд литературон уацмыстæй мах эстетикон æхцондзинад нал исиккам, бæззиккой ма нын æрмæ- стдæр, куыд истори фæлгъауыны мадзал, афтæ. Критик иу чиныджы бакаст æмдзæвгæтæ хæхтæ, бæлæстæ, цъиуты тыххæй, æмæ йæхæдæг цыхуызæн адæнкъарæнты хи- цау у, уыдонæй фыст куы нæ разындысты, уæд загъта: «Все это напоминает стихи канувших в прошлое импрессионистов»1. Бæрæг нæу, цы кодтой импрессионисттæ, цы фæрæдыдысты авторы раз, цæмæн хъуамæ фæуа сæ аивад, раздæхæн кæцæй нæй, уыцы ивгъуыды амæттаг,-кæд æмæ импрессионистты аива- дон амæлттæ сæхицæн хион кодтой ног заманты æппæты стыр- дæр реалисттæй дæр бирæтæ, уæд?: «Системы поэтики и стили- стики остаются, образуя в совокупности своей вечно обнавляю- щийся и Обогащающийся, говоря словами Маркса, арсенал искусства, представляющрй собой богатый выбор средств худо- жественной изобразительности и выразительности. И, в исполь- зовании этого арсенала новыми поколениями художников, определяемом каждый раз идейно-эстетической целесообраз- ностью, нет и не может быть никаких исторических, нацио- яальных или социальных ограничений»2. Ома, реализмы, уыимæ социалистон реализмы, литерату- рæйæн æцæгæлон не сты никæцы поэхикон æмæ стилистикон (литературæзонæны мидисы) амæлттæ, йæ «идейон-эстетикон нысанты хъæуæнт», уый йедтæмæ. Ацыхъуыды бафидар кæны- нæн бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис. Кæд, критикæ «змæлгæ эстетикæ» у, уæд æнцой та кæны æнæзмæлгæ, фидар зонадон бындуртыл. Уый нæй, уæд тæс- сонд сты йæ аргументтæ, дилетантизмы дæлбазыр балæууы. Ахæм фæзындтытæ нæ критикæйы стæм не сты. Фыссæгæн, уацмысæн йæ бынат бæрæггонд не ’рцæуы, афтæмæй йæ фæхо- нынц фæзынд, зынгæ фæзынд, кæнæ та иныæрдæм. Ахæм рæ- стæджы сæйраг аргумент вæйцы аргъгæнæгæн йæхи субъекти- бон, индивидуалон ахаст объектмæ — хæлар ын у, уарзы йæ ,æви нæ, уый. Ахæм критикæ хъахъхъæны къордтæ кæцыны шринцпптæ æмæ йын иумæйагæй ницы ис литературон-эстети- «он принциптимæ. Уый гъæд бæрæггæнæг дырыс аргументты й Г. А. Мамиев. Осетинская советская литература, Цхинвал, 1983. ’2 С. М. Петров. Основные вопросы теории реализма, М., 1975, с. 243. Д34
бæсты архайы сойæ сæрст комплименттæй. Æнæнхъæлæджь* нæ рауад, æвæдза, литературон критикæйы фæдыл нæ партийы ЦК-йы 1972 азы уынаффæ журнал «Фидиуæджы» куы рауагъ-- той, уæд мæнæ ацы ,бынат æппæрст кæй æрцыд, уый дæр: «До> сих пор в критике проявляется примиренческое отношение к; идейному и художественному браку, субъективизму, приятель- ские и групповые пристрастия». Критикæ рæстдзинады сæрыл карзæй дзурынхъом куы нал’ вæййы, хорз æмæ æвзæры ’хсæн цæхгæр арæнтæ куы нал æвæ- ры, уæд хъæлдзæг рæстæг скæны комплиментарон критикæйæн. Ацы хуызы критикæ нæгазеттæ æмæ журналты дидинæг æфга^" уын райдыдта 70-æм æмæ ныр 80-æм азты. Критикæйы сарæх сты хæларадон хаджидæуттæ, лымæндзинад фидар кæныи сси йæ нысан, рæстæвзарæг критикæйы авналæнтæ та къуындæг’ кæнынц, нал дзуры йæ тызмæг ныхас. 1 , Комплиментарон критикæ уæлдай ронбæгъдæй йæхи æвди-- сы алыхуызон юбилейон уацты. Ирон литературæйы агъуысты дур дурыл дæр чи нæ ’рæвæрдта, уымæн дæр — юбилей. Æмæ журналты, газетты ныххал вæййынц уацты хуызы цы адджын-- дæр гаджидæуттæ. Хæлæрттæ цин кæнынц сæ хæларыл. Лите- ратурæ та сæ афтид армæй бады. Критикæ нæм сындæг кæй рæзы, уый аххосагыл ма баны- майын хъæуы уый дæр, æмæ нæм нæй, сæрмагондæй критикон куыст чи кæна, ахæмтæ. Критикæ фыссынц фысджытæ, æхсæн- мæхсæнты. Уыдон хъуыды кæнынц афтæ: искæй «хъыг» цæмæи райсон, фæлтау аивадон уацмыс ныффысдзынæн, æмæ мæ нер- вытæ дæр æфхаерд нæ баййафдзысты. Уырдыгæй æвзæргæ у, нæ критикон уацтæ социалон æгъда- уæй инертон кæй сты, уый дæр. Ацы хъуыддаджы бирæ цæмæй- дæрты æмбулы 30-æм азты критикæ. Номхуындæй та йæ æхсæ-; надои-социалон активон ахастæй. Ам кæй кой ракодтон æмæ ма кæй »кой нæ ракодтон, нæ ли- тературон критикæйы æппæт уыцы хъуагдзинæдтæ æмæ згъуыд- тæ аиуварс кæнынæн хъуамæ хæрзахъаз фæуа ирон литературон критикæйы истори раст, объективон æгъдауæй рафæлгъауын. Ахæм хуызы истори, нæ литературæйы ивгъуыд >царды расг’ æмæ баиугонд фæлгонц хъуамæ суа литературон-критикон про- цессы удæгас архайæг, феххуыс ын уа ног бæрзæндмæ йæ* сæргъæвынæн- Уый мидæг уынæм 30-æм азты ирон литературон критикæйы историйы фæдыл нæ иртасæн куысты сæйраг ныса- ниуæг. 1981—83 азтæ- 1,15
ЧИНЫДЖЫ ИС: 1. Бацæуæн ныхас ..... 3 2. Царды æцæгдзинад æмæ нывгæнæджы концепци, 30-æм азты ирон литературон критикæйы 12 3. Традицитæ æмæ ногдзинады проблемæ 30-æм азты ирон критикæйы 76 .4: Литературон- критикон уацты иуæй-иу жанрон сæрмагонддзинæдты тыххæй ^ ^ . а „ „ , , 117 5. Каеронбæттæн ныхас • • § • . 131 Хаджи-Умар Нестерович Алборты ОСЕТИНСКАЯ ЛИТЕРАТУРНАЯ КРИТИКА 30-х ГОДОВ Редактор С. 3. X у г а е в Художник П. В. Б о ндаренко Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор 3. С. Мисикова Корректор И. X. Джанаева Ш№ 1280 •Сдано в набор 14.01,87. Подписано к печати 23.04.87, ЕИ 00916. Формат бумаги 60х901/16, Бум. тнп № 2 Гарн. шрифта литературная, Печать высокая. Усл. п, л. 8,5. Усл. кр.-отт. 5,68, Учетно-и?д, лнстов 8,44, Тираж 1000 экз, Заказ № 59, Цена 45 коп. Иэдатсльство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам ^из- дательств, полиграфии н книжной торговли, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г, Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. 136