Текст
                    Ч И Н Ы Г У А Д 3 Æ Н „И Р"
Орджоникидзе
19 7 2
т


УАЦМЫСТÆ ИУ ТОМÆИ Æмдзæвгæтæ Кадд жытæ
С(Осет) П57 С(Осет.) Плиты X. П 57 Уацмыстæ. Иу томæи. Орджоиикидзе, «Ир», 1972 387ф. 7—4—3 29—М 72.
НÆ ЗАРÆГГÆНÆГ ХАДО пæ фысджытæй йæ адæмы тыххæй аивдæр ныхас чи загъта, сæ цард сын ирддæрæй чи равдыста, чиныгкæсæ- джы зæрдæйы уидæгтæм тынгдæр чи бавнæлдта, Плиты Дауыты фырт Харитон у уыцы поэттæй. Иры дзыллæ йæ раджы бауарзтой, >фырбуцæн æй Хадо дæр ма схуыдтой. Иæхи сын цæмæй бауарзын кодтаид, ахæмæй та чысыл нæ сарæзта. Иæ номдзыддæр кадджытæй иу — «Сæлимæт» фыццаг хатт мыхуырæй рацыдис 1930 азы журнал «Фиди- уæджы». Æмæ уæдæй фæстæмæ фидар бынат бацахста нæ литературæйы хæзнадоны. Цæвиттон, Гуырдзыстоны меньшевиктæ Хуссар Ирыс- тонмæ куы ныббырстой, уæд хъæутæ цъæх пиллон калдтой, хæдзæрттæ сыгъдысты, туг лæсæнтæ кодта. Фæллойгæн- джытæ ныууагътой сæ бæстыхæйттæ æмæ зымæгон зын- вæндæгтыл Ручъы хъæуыл (поэты райгуырæн хъæу), Ручъы æфцæгыл лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Бирæ цæс- сыг фæкалдтой сылгоймæгтæ, бирæ фæкуыдтой сывæллæттæ хæкъуырццæй æмæ уыцы æвирхъау нывтæ фидæны поэт федта æмæ бавзæрста йæхæдæг, уыдис лыгъдæттимæ. Иæ зæрдæмæ арф бахъардта сæ удхар. Æмæ фæстæдæр, æмдзæв- гæтæ фыссыц куы райдыдта, уæд æй æнцой нæ уагътой
ивгъуыд бонты хъизæмæрттæ, Æмæ, æрыгон лæппу ,уæв- гæйæ, кусын райдыдта йæ эпикон романтикон уацмыс «Сæ- лимæтыл». Иæ алы рæнхъ, йæ алы хъуыдыйады дæр ын æвдылдта йæ цæссыджы: Ракæс-ма, Ресы хох, ракæс,— Адæмæй байдзаг дæ раз! Хуссары лыгъдæтты сагъæс ÆрдШл дæр бафтыдта ’ маст... Се ’ргъæмттæй с’ астæутæ тасынц, Гом къæхтæн хъары сæ туг. Хохыл лæгуæрдæттæ ласынц, Чи та дзы сивтыгъта хъуг. < Уæззау нывтæ... Уæззау рæстæг... Хуссар Ирыстон цъæх пиллон уагъта... Сыгъдысты хъæутæ æмæ хæхтæ... Хъæр- зыдта зæхх... Куыдта Леуахи-дон. Знаг æгъатыр æмæ карз уыд. Кæдæм-иу бахæццæ, уым дур дурыл нæ уагъта. Бæстæ цæхæры куы сыгъд, арты æвзæгтæ арвмæ куы хæццæ код- той, уæд цыфыддæр знаг та цин кодта, æмæ уыцы æбуалгъы ми хорз равдыста поэт: Кониев,. Джугъели æвирхъау Бафтыдтой Хуссарыл арт, Сау фæздæг мигъы къуымбилау Кæмттæ ’мæ хæхтыл æрбадт. Тигъæй Джугъели фæлгæсы Сау æхсæв мæйдары дард. Абон æм диссаг фæкæсы Æртыты фенгæйæ цард... ’
Кæнæ: Мадæлтæмвдæны басгæй Сабиты се’ккой хæссынц: Се’рдиаг, судзгæ цъæхахстæй Зæрдæйы тугтæ кæлынц. Æрыгон лæппу нæ ферох кодта уыцы æбуалгъы митæ, рæстæджы уылæнты æхсæн. Хадо йæ дыстæ рæбыноз ба- тылдта æмæ йæ тыхтæ фæлвæрдта поэзийы. Нæ ирон литературæйæи бындур æрæвæрыныл æнувы- дæй куыстой Гæдиаты Цомахъ æмæ Коцойты Арсен, Нигер æмæ Багъыраты Созыр, Беджызаты Чермен æмæ Барахъты Гино, Хъуылаты Созырыхъо æмæ Хъамбердиаты Мысост, Мамсыраты Дæбе æмæ Епхиты Тæтæри... Уыдоны рæнхъы уыдис Плиты Харитон дæр. , Фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ уæддæр куыд загътон, афтæмæй стырдæрæй цы сарæзта, уый уыдис йæ романтикон кйдæг «Сæлимæт». Уый зынгæ бынат ахсы канд Харитонæн йæхи фæллæйтты нæ, фæлæ нæ поэзийы хуыздæр уацмысты æхсæн дæр. «Сæлимæты» Хуссары æмæ Цæгат Ирыст’оны куыд тынг бауарзтой, уый тыххæй дыууæ ныхасы. Æз кадæг кастæн, фыццаг хатт журнал «Фидиуæдоюы» куы рацыд, уæд. Уый- размæ Харитоны нæ зыдтон. Уый цардис Хуссар Ирыстоны, æз та —- Алагиры. Кадæджы иу æмæ дыууæ хатты нæ ба- кастæн. Ахæм уацмыс ныффыссæгæн æнхъæл уыдтæн урс- боцъо куырыхон лæг, уый та — æртæ æмæ ссæдзаздзыд. Кадæгæй мæм цы æнкъарæнтæ райгуырд, уыдон мын æн- цой нæ лæвæрдтой æмæ дзы алкæмæн дæр æппæлыдтæн. —У Бакæс-ма йæ махæн дæр,—бахатыдысты мæм-иу би- рæтæ.
Дзæбæх ма хъуыды кæнын, иу хурбон та збз Ныхаш «Сæлимæты» кæсын райдыдтои нæ сыхæгты зæронд лæгтæ æмæ фæсивæды къордæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сыл ахас- тон мæ цæст, хъусынц мæм æви нæ, зæгъгæ. Æз кастæн кадæг. Иу уæззау ныв ивта иннæйы... Мæнæ лыгъдæттæ æфцæгыл фæцæуынц... Мæнæ... Сæлимæты уарзондзинад Махарбегмæ... Абырджытæ Сæлимæты фескъæфынц... Ныхъхъус сты, уацмыс кæмæн кастæн, уыдон. Кæсыи дарддæр. Мæнæ Сæлимæт йе скъæфæджы йæхи хъамайæ барæ- хуыста æмæ йæ бæхæй аппæрста... Йæ фæдыл уайынц ин- нæтæ. Уынгæджы фæци чызг... Йæ уд æрдуйæ нарæгдæр ’ сси. Цы кæна, хаудзæн къæппæджы. Удæгасæй бирæгъты дзæмбытæм бахауынæй мæлæт хуыздæр. Айтæ-уыйтæ нал, фæлæ доны гуылфæнтæм йæхи нывзылдта. Æрхæндæгæй, сындæгæй бакастæн кадæджы фæстаг ныхæстæ: Дон ын йæ дзыккутæ фасы, Æмæ йыл марой кæны... Тар хъæдæй сидахъ ныууасы, Уыг дæр æнкъардæй кæуы... Уыцы рæстæг фæкомкоммæ дæн мæ алыварс лæуджы- тæй иуы цæсгоммæ. Уымæн ставд цæссыджытæ æртылд йæ рустыл, йæ дæрзæг къухтæй сæ асæрфта æмæ йæхицæн дзурæгау бакодта: «Иæ ныхæстæм сæрыхъуын арц сбады». Æхсызгон мын уыд, «Сæлимæт» уыдоны зæрдæмæ дæр афтæ тынг кæй фæцыд, уый. Æмæ æниу цæугæ дæр куннæ фæкодтаид! Кадæг кæсгæйæ, адæймаг фæуыны лыгъдæтты хъизæмæртты, фæсивæды хъæбатырдзииады фæлгонцтæ, хæхбæсты рæсугъд æрдзы нывтæ, йæ хъустыл фæуайынц
дæтты уынæр æмæ сыфтæрты сыбар-сыбур. Æппæтæй тынг- дæр та банкъары Сæлимæты удыхъæды рæсугъддзинад, уый ныфс æмæ æхсар.,. Уыйфæстæ Харитонимæ лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн Мæс- куыйы ахуыргæнгæйæ. Æмæ йæ фыццаг хатт куыдæй федтон, ахæмæй йæ мысын суанг йæ царды фæстаг бонмæ дæр: сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзоип лæггадгæнагæй. Кæсдæртимæ кæсдæр уыд, хисдæртимæ хисдæр. Искæмæн хорз фæуын, исты æхсызгон саразын уыд йæ удоь миниуджытæй. Йемæ чи куыста, уыдон ма ныр дæр фæдзурынц: «Куыд æнæхи- нæй фæцард не’хсæн!» Кæддæриддæр нæ цæстытыл ауайы мидбылты худгæйæ. Иæ фыццаг чиныг «Цæхæртæ» мыхуыры фæзынд 1931 азы, уыйфæстæ йын чиныг цыд чиныджы фæдыл Ирыстоны æмæ Мæскуыйы. Куы æррыичын, уæддæр ма дзæвгар ныф- фыста æмдзæвгæтæ. Иæ мæлæты агъоммæ рацыдысты хи- цæн чииыгæй («Фыдыуæзæг»). Плиты Харитон поэтикон ныхасæн стыр аргъ кодта. Æвæццæгæн æм ахæм æмдзæвгæ нæ уыдзæн æмæ иу ре- дакцийыл кæц. ныууагъта. Бирæ куыста йæ уацмысты хæрз- хъæддзинадыл. «Уæлахизы кадæгыл» фондз азæй къаддæр нæ фæархайдта. Равдыста дзы бонджынты фыдмитæ æмæ фæллойгæнæг адæмы тох. Бадилатæ мæгуыр адæмы скаст нæ уагътой. Сæ фыр- хъалæй тых кæнынмæ цыдысты алы рæттæм. Иухæмы сæ хисдæртæ уынаффæ рахастой — Уæлладжырмæ ныббырсын. Фæлæ лæгдзинад йæ туджы кæмæн ис, йæ сæрибар бахъахъ- хъæныны тыххæй йæ уд чи ратдзæн, уыцы уæлладжырæг- тæ æрлæууыдысты сæ ныхмæ. Сæ ном дæлæмæ не’руагътой. Кард æмæ уартæй бахызтой сæ кад. Уæлладжыргоммæ га- лæй чи бццыд, уыдон фæстæмæ фæцыдысты хъугæй.
«Уæлахизы кадæг» аив фыст у, рæсугъд нывтæй арæзт, йе ’взаг сыгъдæг æмæ æлвæст. Хадо йыл куыд бæстонæй куыста, йæ алы сæргонд саразыныл дæр ын цас хъару æмæ тых хардз кодта, уый хорз зонынц йе умбæлттæ. Иу дæр дзы, æвæццæгæн, ахæм нæ уыдзæн, æмæ Хадо йæ фыст кæ- мæи нæ кастис рауадзыны агъоммæ. Иу дæр дзы, æвæццæ- гæн, ахæм нæ уыдзæн, æмæ йæ фæхуыздæр кæныны тыххæй Хадо кæимæ нæ ныхас кодта. Зæрингуырд сызгъæрии дзау- ма аразыныл куыд фæкусы, уый та афтæ куыста йæ ка- дæджы алы рæнхъыл дæр. Кæнæ цы загъдæуа йе умдзæвгæтæй! Бирæ йæм ис ли- рикон уацмыстæ, сæ фæлмæндзинадæй зæрдæйыл чи æмбæ лы дыккаг хатт адæймаджы бакæсын кæй фæфæнды, - ахæмтæ. , Плиты Харитонæн йæ авналæнтæ къуындæг никуы уы- дысты. Дзæвгар фæфыста хæларозинады тыххæй. Уыдони- мæ сты: «Индиж-дон», «Каспи-дендясыз», «’Цæгъд, мæ уар- зон чонгурист», «Дагъистаны поэттæи»% «Дæ фæдзæхст дын мæ зæрдæйы хæссын», «Хæлæрттæ» æмæ бирæ æндæртæ. Мæнæ куыд фыссы æфсымæрдзинады фæндырдзæгъдæг «Дагъистаиы поэттæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы». Зарæм стыр тохы фæндæгтыл,—ч Зарæм партийæн йæ :<адыл, Зæлы зарæгæн йæ хъæр. - ’ Уарзон Ленины тырыса Хæхтæй дæр бæрзонддæр систалс-- Калы мах сæрмæ цæхæр. Плиты Харитоны сфæлдыстады стыр бынат ахсынц> Райгуырæн бæсты намысыл кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ. Райгуырæн бæстæ... Ацы дыууæ дзырды махæй алкæмæн
дæр сты æппæты зынаргъдæр, æппæты адджындæр. Æмæ Харитон йæ Райгуырæн бæсты куыд уарзта, уый кæм æв- дисы, уыцы æмдзæвгæты номхыгъд ам куы нымаиккам, уæд гыццыл бынат не ’рцахсиккой. Фæлæ дзы мæнæ цал- дæр: «Ард», «Уый ды дæ, о нæ парти», «Уый йæ фæстæ фарн ныууагъта», «Нæ зæрдæтау нæ бæстæ срухс и»... Уæдæ дзы сабитæ дæр рох никуы уыдысты. Йе ’мдзæвгæ «Инал»-ы ныхæстыл музыкæ сарæзта.композитор Дзитой- ты Юри. Уый у, сывæллæттæн нæм цы зарджытæ ис, уыдо- нæн сæ ахъаззагдæртæй. Нæ поэт тæлмацтæ дæр гыццыл нæ фæкодта ирон æв- загмæ æфсымæрон адæмты литературæтæй. Хорз хъуыддаг у, Плиты Харитоны уацмыстæ иутомон æмбырдгондæй кæй цæуынц, уый. Кæд Хадо йæхæдæг ие 7хсæн нал ис, уæддæр йæ зарджытæ сты махимæ. Æххуыс нын кæнынц нæ тох æмæ куысты. Æмæ фидæны дæр йæ рæ- сугъд лирикон хъæлæсæй сиддзæн фæлтæртæм. ДАРЧИТЫ ДАУЫТ.
ф АРД Зар, мæ фæндыр, цæгъд, мæ фæндыр, Цæгъд, мæ хъисфæндыр, мæ хур! Къухтæ ахъазынц дæ тæнтыл,— Зар мын, зар, куыд хæла дур! Махæн — дидинæг нæ бæстæ, Махæн —; хурæфсæст нæ зæхх, Махæн стыр ысты нæ хæстæ, Æмæ тæх, мæ зарæг, тæх! • Цæгъд, нæ царды рæзты цинæй Размæ мах куыд бырсæм тагъд! Кæд мæныл цæуай ды хинæй, Кæд ныффæсус уа дæ цагъд, Знагæн кæд ныхкъуырд нæ дæттай, Кæд ыскъуымых уа дæ фат, Цардæн кæд пайда нæ хæссай, Кæд мын искуы суай æгад, Уæд къæртгай дæ тæнтæ хауæнт, Аскъуыйæд мын уæд дæ хъис,—
Мад дæм уæд кæуыимæ уайæд, Хотæ разгъорæит фæдис. Фæлæ фпдар у мæ зæрдæ, О мæ буц фæндыр, дæуæн! Дардыл азæлынц дæ зæлтæ, Царды сын æрмынæг нæй. Уæ мæ фæидыр, уæ мæ лирæ, Абон бахордтон æз ард: Зар нæ дугыл, цæгъд нæ цинæн! Кæн нæ дзыллæтæн дæ зард! Дзау, 1937 аз. 16
• УЫЙ ДЫ ДÆ, 0 НÆ ПЛРТИ! Уый ды дæ, о нæ парти, ды дæ! — Нæй дæуæй нын дунейыл зынаргъдæр. Мах ’æмзæрдæйæ де стыр фæндтæ Алкæд, алы ран ауадзæм царды. Уый ды дæ, о иæ парти, ды дæ! Ды нæ тарстæ нæмыг æмæ артæй, «Марсельеза» ды заргæ цыдтæ, Кодтай размæ фæндæгтæ’ дæ кардæй. Баррикадтæн к’æм уыди нымæц! Хъуыст дæ тохы хъæр уырдыгæй дардыл: «Сыст, фæллойгæнæг, хотыхтыл хæц, Æмæ стох кæн хъазуатæй дæ бартыл!» Уый ды дæ, о нæ парти, цæрай! Ды нæ амондæн зæххыл фæзындтæ. Ды «Аврорæйай» знаджы æхстай Кусæг, мæгуырты хурхыл хæцджыты. Æмæ уантагъд Ильичы фæндæй Уæд сырх тырыса Смольныйы сæрмæ
Сагъд æрцыди, иæ бæстæ цæмæй Райа ’нусмæ нæ фæлмæн иæр-иæрмæ. Уый ды дæ, о нæ нарти, нæ хур! Ды æлгъысты рæхыстæ ныссастай, Ды æрæвæрдтай цардæн бындур, Ды уæларвæй зæрип хур æрхастай; Срухс нæ бæстæ йæ тынтæи бæстон. Заргæ, райгæйæ, кодтам фæллæиттæ. Кæд нæма уыд нæ фадат æнцон, Уæддæр гæрстам мах размæ фæндæгтæ. Уый ды дæ, о нæ парти, нæ кад! . Ды — йæ наутæрæг Рангуырæн бæстæн. Тохы бонты куы сыстади уад, Уæд нæ ’хсарджынæй ахуыдтай хæстмæ. Знаг, фыдызнаг æрцыди бынсæфт. Мах дæ цытыл фæзарæм нæ зарæг, Мах дæ цинæй ыстæм ныр æфсæст, О иæ уарзон, нæ фæтæг, нæ дарæг! Уый ды дæ, о нæ парти, нæ цæст! Мах дæ амындæй размæ фæцæуæм. Хæхтæ байгæрстам, ласæм æрзæт, Ивæ’м алырдæм дæтты фæндæгтæ. Абон дардыл нæ Фыдыбæстæ Ды дæ зондæй ныррухс кодтан хурау. Донæй бафсæстам хурсыгъд фæзтæ, Æмæ сфæйлауынц мæнæутæ фурдау. Уый ды дæ, о нæ парти, нæ ныфс! Коммунизмæн йæ райдзаст фæидагыл
Цнны базыртæ махыл кæныс; Мах дæр зарæм бæллиццаг хъуыддашл. Рæз, пæ парти, дзæбæхæй нын цæр1 Ноджы сгуыхтытæм дарддæр мах акæн! Тынгдæр кала зæрин хур цæхæр. Хъуыса цины зард, азæлгæ, алкæм. Уый ды дæ, о нæ парти, ды дæ! Сабыр цардыл дæ бирæ тых хъарыс. Мах дæ сидтмæ цæттæ стæм, цæттæ. Махыл алкæд дæ зæрдæ куы дарыс. Уый ды дæ, о нæ парти, ды дæ! Мартъи, 1956 аз.
# СЕРГО КАВКЛЗЫ* Хэесты тæмæны уыд Кавказ, Ызнæгтæ кодтой хъæутæ пырх, Æвзæрстой зæрæдтыл сæ тых. Æхсысти сæм, Серго, дæ маст. Кæд-иу сырдау нынпиудта уад, Уæддæр дæ бæх сæгуытау уад, Лæдæрсти йе уæнтæй йæ хид. Нæрыд нæ арф кæмтты дæ сидт. Егъау цъити, бæрзонд къæдзæх, Уынгæг кæмттæ, æгæрон хъæд Ныр дæр ма мысынц дæу дзæбæх, Пыр дæр ма уым зыны дæ фæд; Мæйдар æхсæв-иу фсстад бои. Зынты нæ цудыдта дæ къах. * Ацы æмдзæвгæйы æмæ ма дарддæр азтæ æвæрд кæм нæй, уыцы уацмыстæн сæ ныффысты рæстæг бæрæггонд нæу (редакци). 20
Хæххон æхсæвты дæм бæстон Цъæх арвæй дардта мæй цырагъ, Уыд арвы ферттывдау дæ каст. Дæ ныхас фатау карста, раст. Уыдтæ нæ ныфсы стыр гæнах. Хуыдтай æдæрсгæ размæ мах.' Æмбæрстай алкæддæр нæ рыст, Æрвнæрæгау-иу хъуыст дæ хъæр. Нæ дзыллæты бын зæхх æикъуыст. Сыгъди сæ зæрдæты цæхæр. Æрцыд фыдгулы бæрзæй саст. - Сырх тырыса бæрзæндты ды Фæхастай урс хæхты сæрты, Æмæ Кавказыл хур ыскаст.
# уУй йæ фæстæ фарн ныууагъта Уад нынниуы, айнæг сæлы. Ризы хъæд, йæ мит ызгъæлы. Барæг комы ’нкъардæй уайы, Судзгæ мастæй зæрдæ тайы; Рахизырдæм уынджы рахызт, Цæссыг уадултыл ныйих и. Мад фæтарсти æмæ батыхст, / Кæрты адæргæй фæджих и. Ризгæ-ризын уый ысдзырдта: — О, зæгъ-ма, цы фыд ныл æрцыд? — Леиин амард... Мад ныккуыдта, Мад уæззау риссæй ныхъхъæрзыд. Хъæубæстыл фыдуац куы айхъуыст, / Уыигтæм ракалдысты адæм... Сау хабар хъæуи-хъæу ахызт, Дзыллæ банкъард ысты алкæм. Уый нæ ниуынц уад-тымыгътæ, Уый йæ цæссыг арв нæ калы,— 22
Уыи кæуыиц хæххон чызджытæ, , Уый сæ цæстысыг ызгъалынц. Уын, мыйиаг, иæ кæуынц хæхтæ, Бæлæстæ, мыййаг, нæ хъæрзынц,— Уын нæ урсбоцъо зæрæдтæ, Зæхмæ хъусгæ, арф иыккæрзыиц. Ыыр куыд нæ ’ркъул уой сæ сæртæ! Ныр куыд иæ рисса сæ зæрдæ! — Кæд сæ ныфсы мæсыг ракалд, Кæд сæ уарзон Ленин амард... Уæд йæ къæдзлæдзæджы ’нцæйтты Се ’хсæнæй дада куы рахызт, Къух æрсæрфта урс зачъётыл, Сабыргай йæ ныхас райхъуыст: — Ма тæрсут, фæтæг нæ мæлы!— Уый ныффæдзæхста иæ бæстæ Партийыл—-домбай фæлтæрыл. Уый ныууагъта фарн йæ фæстæ.
• КИРОВÆН Сау æхсæв... Уазал. Мæскуыйы Хъуысы Шопены хъыг-цагъд. Зæрдæ фырмæстæй ыскъуыйы, Цæстысыг рустыл æртагъд. Райстон æрхæндæгæй лирæ, Ризы, дзыназы йæ хъис. Сау хабар фехъуыст мæ Ирмæ; Стыр у йæ сагъæс, йæ рис. Урс сæр, тæмæн калгæ, дардта Дардмæ Хъазыбеджы хох. Уый ныр йæ цæссыг æркалдта,— Уый дæр у абон фыдох. Тсрк дæр ныккæрзы фырмæстæй, Уылæнтæ хъарæг кæнынц. Митæйдзаг хихджын бæлæстæ Джихæй. æнкъардæй лæууынц. Джих дæр куыд нæ уой бæлæстæ, Терк дæр куыд на кæрза ныр,
Кæд æмæ Кировы фæстæ Баисты мастæй тыппыр! Киров уыд уадæй æвзыгъддæр, Киров цæхæр уыд, цæхæр, ЛГшæг-къæдзæхæй-—хъæддыхдæр, Тохы — æрвнæрдау йæ хъæр. Сабийæ хисдæртæй хъуыстон Уыцы хъæбатыры кой: Уыцы хъæбатыр фыдхъызт бон Не ссардта никæд æнцой. Нæмгуытæ ниудтон нæ кæмтты, Ирыл дæр сау мигъ æрбадт. Знæгтæ нæм сластой сæ кæрдтæ, Кодтой гæныстон нæ цард. Киров уыд, Киров, нæ зæххыл Дзыллæты ’хсар æмæ тых. Тахти-иу фатау йæ бæхыл, Кодта нæ фыдгулты пырх. Сау æхсæв... Уазал. Мæскуыйы Хъуысы Шопены хъыг-цагъд. Зæрдæ фырмæстæй ыскъуыны, Цæстысыг рустыл æртагъд. 1934 азы, 1 декабрь.
0 МÆ ИР!.. Макуы дын уæд, О мæ Ир, фæкæлæн! Тæх æнусты хурæмдзу цæргæсау! Дарын дæу, мæ бон, Мæ хъуыры ’гъиæгæн. Зæрдæмæ дæ фендæн рухс ныккæсы. О, тæхуды, æз дæуыл куы ’ххæссин, Мадау дæ мæ хъæбысы фæдарин! Фарндæттæгыл дæу æдзух фæдзæхсии, Булæмаргъау де сгуыхтыл фæзарин. Ды дæ туг дæ фыдгултæй куыд истай, Уый бæрæг уыд карз тохы æрвылбон. Искæд ды цæйнæфæлтау фæриссай, Уыйбæсты мæ сæр фæуæд дæ нывонд. О мæ Ир, . х Ды диссаг дæ, æмбисонд! Æз бæллын дæ фидæнмæ, дæ кадмæ. * Дæу, бæргæ, сывæллонау куы сисин, Сыскъæфип дæ арвы рухс тыгъдадмæ.
ÆЗ ДÆП ЛÆГГАДГÆИÆГ ДÆУÆП фыдыбæстæ, Дæ хъомыл дæн, дæ дыргъ дæн, Кæд дыи æгæр фæрæгъæд дæн, уæддæр Йæ зарджытæ фæхъуысдзысты дæ фыртæн Дæ кад æмæ дæ фæллойыл хуыздæр. Æз тох кæнын, куыд никуал мæцай туджы, Дæ фндæны куыд нал бавзаран хæст, Дæ ног фæлтæр цæмæй нæ райгæ дуджы Уа амондджын, Уый цин кæна æрмæст. Быдыры уа, Йе денджызы, йе шахты,— Цæмæй йæм хур æрттивгæйæ кæса, Фыййауæн та йæ уадындз райсом раджы Нæ сабитæн йæ цагъдæй цип хæсса. Мае Ирыстон, Ды рагæ# дæр æмбæрстан:
Мæ рыст, мæ ции. Уæлдайаг дын иæ дæн. Ды мадау мæн дæ хойрагæй æфсæстай, Æмæ куы дæн лæггадгæнæг дæуæн. 28
МÆ ЗАРÆГ Дæу куы фæнда мæ зарæг ыссарын, Уæд, дæ хорзæхæй, уæлвæзмæ схиз. Уым ды хъусдзынæ фыййæутты зарыи, Уым зыр-зыр кæны фæндыры хъис. Фен æй рачсомæй æртæхы ’рттывды,— Уым-ну фæтæнтыл ахæсс дæ цæсг, Уцм æн рацагур упсты ыссывды, Хуры тынтæм æм цадæггай кæс. Уым дып бадзурдзæн дымгæ дæ хъусы, Йе дæм бауасдзæн рагъæй сæгуыт. Уый-иу басгар нæ найгæиæн мусы, Уый кæд уазæгуат мæнæутæм уыд. Уый-иу бацагур тохы быдыры. Дугъы барæг æй йемæ хæсдзæн. Уый ирон хъазты зæлдзæн фæндыры, Æмæ айнæджы фæрсты тæхдзæн. Уый ды ссардзынæ фурды уылæнты, Арв куы нæра, уæд ма-иу æм хъус.
Уьш-ну рауын бæрз хъæды кæрæтты, Мæргъты зарды нæ уыдзæн фæсус. , Уый дæм суадæтты хæл-хæлæй’ хъуысдзæн. Уый æхсæрдзæнты сæх-сæхы ссар. Уый нæ цардуарзаг фæснвæд мысдзæи. Уый сын се ’уæнгты уадздзæн æхсар. 30
Мæ сонт зæрдæйыл фæлдæхт уыд дур, Нæ мæм каст арвæй æрттивгæ хур. Уыдтæн уæд саби, чысыл, æвзонг, Бæгъиæг мæ риу уыд, бæгънæг — мæ цонг. Мæ гом фæрстæ мын фæхоста уад, Мæ цард мын хæлдта, мæ тых-иу тад. Куы-иу мыл ниудта ыстонг сырдау, Куы та дзынæзта, æргъæвст куыдзау, Мæ зæрдæ хæлди, мæ цæссыг калд, Æмæ-иу рустыл уæд уый ныссалд. Йæ дзæмбытæ мыл ныссагъта цард, Тыххæй мын иста мæ цин, мæ зард. Ныр та мын гом у мæнæн фæндаг, Рæвдыдæй, хъазтæй мæ зæрдæ — дзаг. Фæндаг мын радта советон дуг, , Æхсиды, хъазы мæ уæнгты туг. Мæ Лирæ зары, кæны йæ цагъд. Æдзух мæ уырэтæ йæ хъистыл — уагъд. Дзау, 201X1-37 аз.
лмонд Рагæй дæр удхосау агуырдтам амонд, Фæлæ дзы хайджын та чи уыди, чи? Мигътæ ныл бадтысты, Дардтой нæм аууон. Амондмæ дардта мæгуыр лæг фæдджи. Фарны къæбицмæ нæ быцъынæг хъардтам. Тохы тымыгъты цы урæдта мах! Уадсуртæ систæм, Нæ амонд ыссардтам. Самадтам фидар нæ царды гæнах. Фарн æмæ рухс амонд хъахъхъæнæм абон. Махæн цæстырухс у кадджын фæллой. Не ’хсар, нæ хъару — Нæ бæсты сæраппонд. Сау хæстæн дæлдзæх æрбауæд йæ кой! Стъалытæ дæр ма ысгæрст ысты махæн. Мæймæ нæ дард балц рæхджы бон уыдзæн. Домæм сабырдзинад! Науæд хылкъахæн Не зиаг куы кæна, Уæд туджы мæцдзæн!
ЗÆРОНД КУЫРД Дзæбуг хойы. \ Хъæсдарæг ныззары. Куырд дæр зары. Зынджытæ—цæхæр. Фæздæг знлы. Ала бады цары. Куынц дымы хæххон уады ©мсæр. О сæрибар! Уыд дæуыл йæ сагъæс Номдзыд куырдæн алкæмдæр æдзух. Тохы бон дæр сахъ лæг уыд хæрзарæхст, Знаджы кодта сау мæйдары хурх. О сæрибар! Уыд дæуыл йæ сагъæс: Хотыхтæ, дам, къухтæм-райсæм цырд. Уæд сæрæн куырд срæвдз кодта цыргъ кæрдтæ, Не* лдæрттæ, дам, тагъд æрцæуой сырд. Чи ’рхаста нæ дзыллæйы нывондæн Тугкалæн уæвзау хæдты йæ цард,
Уыдон мысгæ дзур ныр зæрондæй, Мауал, дам, нæ бахъæуæд цыргъ кард. О мæ дзæбуг, Ме ’ндонсæрст хъæсдарæг, Домы, дам, уæ ныр къæпитæ зæхх... Æмæ та йæ хъæсдарæджы зарæг Быдырты ныййазæлы уæрæх. 34
НÆ ЗÆРДÆТАУ НÆ БÆСТÆ СРУХС И (Партизанты зарæг) Æхсæвæй, бонæй уыд нæ хæтæн Кæм тар хъæд, кæм цъæх айнæг хох. Хъæддаг сырдтау лæбурдтой знæгтæ, Сæ ныхмæ самадтам мах тох. Уыдыстæм мах бæгънæг, бæгъаввад, Нæ ныл хæцыд æхсæв хуыссæг. Фæлæ уæддæр нæ къах нæ фæллад. Зынтæн уыдыстæм мах быхсаг. Хъæрзыд цæф сæгуытау нæ бæстæ. Æлвæстæй дардта знаг йæ кард. Сыгъдысты пиллон арты фæзтæ, , Сæ цæхæр арвы риумæ калд. Нæ мулк, нæ фæллой-ну нын хэстон,— Уыд не знаг бухъ æмæ фырхъал. Æнæвгъау уæд фыдгулты цагътам, Сæ туг лæсæнтæй кодта мал.
Хæд бирæ байзæрстам мах тузш, Фæкалди бирæ кæд нæ туг,— Н« зæрдæтау нæ бæстæ срухс и, Фæрныг, сæрибар ныр — нæ дуг. 35
• МЕ ’ХСАР, МÆ НЫФС ДÆ Уарзон хæхбæстæ, Цас хъарм ныхæстæ Дæуыл ис ныффыссæн, Дæ фидæны ныфсæн. Цинтæй æфсæстæй, - Уарзоны цæстæй Фæлгæсын дæ рæгътыл, Дæ хæзнаджын хæхтыл. Мæргъты хъæлæстæ Зад дыргъджын фæзтæй Цы уадындзтау зæлынц! Цы зарæг нывæндынц! Урс бæрз бæлæстæ — Хъæуæн нæ фæстæ; Сæ сæртрн æркувынц, Мæннмзв фæдзурынц. Уарзои хæхбæетæ, Бурбын цæргæстæ
Сæ базыртæ тилынц, Дæ сæрты фæзилынц. Райдзаст фæтæнтæ Зымты хæтæнтæ, Уæхнмæ мæн сайут, Æнусмæ мын райут! Тохты æхсыст дæ, Ме ’хсар, мæ ныфс дæ, Æнæ дæу æз амонд Ныр искуы куыд арон! 38
ФАРН — НÆ КУЫСТЫ, ФАРН — НÆ ДЗЫРДЫ Цардæфсæст, рæсугъд—нæ хъæутæ. Сæрвæтты цъæх кæрдæг зайы. Мерс кæнынц уым фос-рæгъæуттæ,' Зæрдæ сæ æдзух куы райы. Гæрдæм сау айнæг къæдзæхтæ, Цас дзы къахæм, цас, хæзнатæ! Ссыгътам арф кæмтты цырæгътæ,— Исæм хъал дæттæн сæ бартæ. Дардыл тыгъд—бæркад быдыртæ, Бур мæнæу уылæнтæй хъазы. Гъæйтт кæнынц хъæбатыр гуырдтæ, Зад хуымтæ комбайн дасы. Фарн — нæ куысты, фарн — нæ дзырды. О, куыд хорз у цард нæ бæсты! Цин нæм суадонау куы гуыры. Хъуысы зарæг хæхтыл, фæзтыл.
ÆРЦЫДИ МАЙ! Æрдыди райдзаст, хъæлдзæг Май! У махимæ йæ цин, йæ хъазт. Даритæ скодта æрдз, кæс-ма! Зынгцæстæй арвæй хур æркаст. Иыххуды æрдз, æрттивы бон... У дидинджытæй зæхх фæлыст... Æртыхта махыл Май сырх рон. Иæ рæвдыд риутæм фаг ныххызт. Æрцыди райдзаст, хъæлдзæг Май! Цъæх-цъæхид — арв, цъæх дары фæз. Æрттиваг Май, æгас цæуай! Уæрæх цæстæй та нæм фæлгæс! Бæллиццаг Май, дæумæ1-*- нæ тахт, Нæ кæрты та лæууы дæ бæх! Нæ чызджыты фæндыры цагъд Куы райхъуысы дæрдтыл, дзæбæх. Хъæбыс дын фаг, дæуыл — нæ цин. Ам сырæзт симд, ам — кафт, æмдзæгъд.
Нæ хисдæртæн нана — æфсин, Бæгæныйæ куы кæнынц рæгъ. Дадайæн у йæ сндт, йæ куывд: Цæмæй дунейыл Май кæса, Æппæт цагъартæн царды ныв Сæрибар, рухс амонд хæсс.а. 41
® Цæ, хъазтæй хауы уæларвмæ дур, Рæвдаугæ цæстæй æркасти хур, Нæ рухс Цæдисæй æхсиды цард, Нæ райдзаст бæстæ поэзи сси, Нæ риуты — цинтæ, нæ уæнгты — арт, Поэты зæрдæ, зæгъ-ма, кæм и? Уый фестад уари, бæрзонд ыстахт, Æхсидгæ дугыл фæлгæсы дард, • Уый хъисфæндырæй æрцæгъды фаг, Иæ лирæ дардыл кæны зæлланг. Сæууон уæлдæф дæр ыскъæфы цагъд. Бæласæн цинæй йæ сыг æртагъд. Рæсугъд сæрвæттæн — сæ худт — чыр-чыр, Фыййау бæрзондæй ныззары ныр, Ызгъоры, уайы фынккалгæ дон, Æрттивы, худы нæ хъæлдзæг бон. I г Мæскуы, 1\VI1-36 аз.
ф МАДЫ ЛÆГГАД \Нывау мæ цæстыл-абон уайы Мæ ныййарæг: йæ цард, йæ куыст. Иæ цæсгомыл куыд бадтис аууон, Иæ зæрдæ тар дугæй куыд рыст.- Къæвдайæ, хурæй бон-изæрмæ Ды хастай-иу æргъæмтты баст. Мæнæн та уæд мæ ниуд, мæ хъæрмæ Пæ гæды райдыдта йæ уаст. Изæр куьГрцыдтæ-иу фæлладæй, Уæд-иу дæ саби уыд фынæй, Мæнæн дæ цæссыгимæ дардтай Дæ дзидзи хидæйдзаг риуæй. Дæ къухтæ ’рсæрфтай-иу мæ рустыл, Уæвгæ куыд адджын у хъæбул! Дæ дзырдтæ знонау уайынц хъустыл: «Лолотæ акæн, уæ мæ хур! Дæ мадæн айрæз, айрæз тагъддæр, Æмæ йын сомбон райс йæ уаргъ.
Хæстмæ рæвдз у дæ кард, дæ фат дæр, Цæрдæг-иу бавæр бæхыл саргъ!» Гыцци, фыд дугыл акæн тутæ, Дæуæн уый саста уæд дæ тых. Ныр та дæ риуы дзаг ныххудтæ, Æрттивгæ цардæй срухс дæ ных. Нæ фæци, нæ, дæ лæггад уæгъды, Кæны дæ хъæбул абон тох. Иыссæтдзæп уын цæнгæт гæнæхтæ, йæ фатæй хæлдзæн знаджы хох. Цæгъды мæ фæндыр æмæ зары, Мæ цин нæ цардыл у æдзух. Мæ лнрæ нæ, нæ кæндзæи тары,— Æрвнтдзæн дардмæ уый йæ рухс.
# КАСВй.ДЕНДЖЫЗ К^спи-депджыз, урсбарц деиджыз, Ныр куыд иæ стынг уа дæ хъазт, Ций дæм кæд Мæскуыйæ фехъуыст, Хур^дыл худгæ кæд æркаст! Каспи-деиджыз, уадджын денджыз, Нал дæ иппæрд, иунæг ныр, Дардыл абух, дардыл фенкъуыс, Цæгъд ныр уадимæ фæндыр! Райстай денджызтæн сæ къухтæ, Фондз дснджызы хотау уарз! Не ’нтыст, не сгуыхтыл æдзухдæр Дун-дунетæн кæн ныхас! Дон дæм сидти, Дон дæм худти, Уымæн барухс и йæ риу. Нал кæндзыстут, нал, тæхуды,— Ныр уæ хорз бæллиц ысиу. Волгæ байтыгъта йæ дуæрттæ, Нау дзы аленк кодта дард,
Волгæ Доннмæ — хæлæрттæ, ’ Зæлы Донимæ сæ зард. Зарæг хъуысдзæнис æдзухæй, Зарæг сисдзыстæм бæрзонд: «Æрдзæн ныр нæ домбай къухтæй Ивд цæуынц йæ хуыз, йæ конд». 46
ф иНдиж-дон Куы дæмч-иу æрцæуынц черкесаг чызджытæ Æд гогон^æ, худгæ, Индиж-дон, сæумæ, Уæд ма-имкæм кæныс ызнæтæй мæстытæ! Кæсыс-иу рæм сабыр сæркъулæй фæрсмæ. Дæ фæздæггъуыз дуртæ дæ малты æрттивынц, - Дæ сыгъдæг уылæнтæм дын чи ’рхæссид фау! Дæ карз уынæр уайтагъд фæлмæн зардæй ивыс,— Ныззары ма уадындзæй афтæ фыйиау. Даэ фыдæлтæ раджы сæ таурæгъты загътой: Черкесаг фæсивæд, дам, схæцыд кæддæр, Æмæ сæ ногъайаг тызмæг хантæ цагътой, Сæ мæрдтæ сын ластан æнæвгъау ды дæр. ! Черкесаг ныййарджытæ, устытæ, хотæ Цыдысты дæ былтæм, цæссыг калгæ, уæд. Фæстæмæ-иу алчи йæ дарæджы домдта, Фæлæ ма кæм зынди дæ дæтты сæ фæд. * Черкесагау Зеленчукы дон. 47
Тæригъæд сын кодтай, сæ хъарджытæм хъусгæ, Цыма-иу уæззау фыдох сæмбæлд дæуыл. Æмæ ныр куы феныс черкесаг рæс^угъдты, Уæд-иу сын дæ зарæг нывæндыс дæрдтыл. Дæ уылæнтæ радгай сæ рæзты фæйлауыс, Вæййынц-иу рæсугъддæр, рæвдауæг æдзух. Æхсæвыгон дардмæ сæрыстырæй тауыс Сæ райдзаст хæдзæрттæм, тæмæи калгæ, ру/с.
,• ДАГЪИСТАНЫ ПОЭТТÆН \ фенынмæ дæм æз бæллыдтæн, Шагъистан, ныр дæм æрцыдтæн. ]Райс ирон лæджы салам! ](-1омдзыд Стальскийы ды схастай, ’Йзаг Расулæн дæр ды ссардтай, Цас ис булæмæргътæ ам! Уыдонæн сæ зарæг хъуыстон, Зæрдæйы сæ арф ныффыстон. Никуы мæ уыдзысты рох. Зарыдысты нын нæ бартыл, Фидыдадыл, уарзонадыл; Хъуыста сæ дæ тар хъæд, хох. Махмæ та Къостайы зардмæ Хæхтæ дæр хъырныдтой дардмæ. Уайтагъд айрох-иу сæ зын. Æмæ ныр мæн дæр куы фæнды Уемæ зарджытæ нывæндын, Уемæ базыртыл тæхын.
Уадцжын Каспийæи йæ фендмæ, Райгæйæ, тындзы нæ Терк дæр Райдзаст Иры хæхтæй тагъд. Теркау, о мæ хорз æмгæрттæ, Радтон а бæстæн мæ зæрдæ1, Дард куыд айхъуыса мæ цагъд. I Уемæ амондыл фæзарон, Уемæ царды ад ыссарои, Рухсдæр бонтыл уа иæ зард. Мах нæ хæлæртты куыд уарзæм, Мах иæ фыдгулты куыд сафæм, Махæй афтæ домы цард. Уанæм стыр тохы фæндагыл Зарæм партийæн йæ кадыл, Зæлы зарæгæн йæ хъæр. Уарзон Ленины тырыса Хæхтæй дæр бæрзонддæр систам, Калы мах сæрмæ цæхæр.
0 ЦÆГЪД, МÆ УАРЗОН ЧОНГУРИСТ! (Калакыл 1500 аш сæххæстыл) I Цæй, райс та, райс та ма дæ чонгур, \ Мæ зæронд хæлар чонгурист! уЕрхæсс ыл арæхстгай дæ уырзтæ Æмæ та ног зарджытæ сис! Нырау кæддæриддæр у хъгелдзæг! Уадз, хъаза, абуха д;е туг! Куыд пæ та азæла дæ зарæг, Кæд хурау райдзаст у дæ дуг! Уæ куывдты ’маэ уæ чындзæхсæвты Кæм ис дæ цæгъдтытæн кæрон! Дæ Калак абон ногæй рангуырд, Ыссар ын ног цагъдæй йæ иом! Дæ зæрдæйы куы гуыры зарæг, Ныджджнх æм вæййы цадæг Къуар. Куы хъусынц фæсивæд дæ цагъдмæ, Сæ цин сын буц зæлтæй ыссар!
Гуырдзиаг кады зарæг уарзы. Йæ цннæн ныр кæрон кæм ис! Æмæ, цæй кадджын бæрæгбоныл Æрцæгъд, мæ уарзон чоигурист! 52
НОГ АЗЫ КУЫВДЫ ^адæм парахатæп ногбон æхсæвы, Не\ ’фсии нын минас иæ размæ куы скъæфы. Калы бæгæны йæ фынк. Кадджын зæронд азы бирæ фæллæпттæй: Хъайла, уæлибæх, физонæг, æппæтæй Фидауы дзагæй нæ фынг. Кремлæй та стъалы Цæхæртæ куы калы, Спасскы сахаты цагъд зæрдæмæ хъары, Хнсдæр — нæ кувæг — зæгъы: — Фарн нæм æрцыди! Цæй, нуазæнтæ снсæм! Сгуыхты къæнхæитæм бæрзонддæр ысхизæм! Базырджын рæстæг тæхы. Парти —нæ раздзæуæг — дуджы хуыз ивы, Ие стыр хъаруйæ нæ бæстæ æрттивы, Алкæд уæлахиз кæнæд! Парти нæ ныфсæн йæ домбай цæджыидз у, Дардыл цæргæсау фæлгæсы уый рындзæй. Райгæ, рæсугъдæй цæрæд! Дзыллæтæ иууыл æфсымæртау — уарзон,
Парти ’мæ дзыллæтæн — Иу фæндаг абон, Ноджы хæлардæр, Домбайдæр кæнæнт! Ног аз сын ахæм фæрныг амонд раттæд,—/ Фидæны иу фынгыл хъæлдзæгæй бадæнт!/ Лрвы кæрæттæй нæм хонæг цæуæнт! / 54
• НОГ АЗ ракæс рудзынгæй, рæсугъд чызг, Ракæс сау дыууæ цæстæй! Уадз, кæл-кæлæй уа дæ1 худын Ног Ирыстоны уындæй. Пæлæз аппæрста нæ бæстаэ’, Скодта ног дари хæдон, Систы дидинæг нæ фæзтæ, Зары ног зарджытæ дон. Мæнæ урс бæхыл æртахти Ног аз — ног бæстæйы цин! Цу-ма, бадзур æм, цы ’рбаци Ныр нæ буц, рæдау æфсин! Расидæм нæ куыст фæллойæ: Парти бирæ нын цæра! Знæгтæ бахус уой йæ койæ,— Мах зард дунетыл нæра.
Уæ, мæ уды гага, ракæс! Рудзынг байгом кæн цæрдæг. Уазал, асæст бонæй ма тæрс, Зæрдæ стъалыйау сыгъдæг. г. Ордэюоникидзе, 1936 аз. 56
ДÆ ФÆДЗÆХСТ ДЫН МÆ ЗÆРДÆЙЫ ХÆССЬШ Л. Фадсевæн Дæу дард фæндагмæ кодтон æз фæндараст. Нывæрдтон дын фæндаггæгтæ хуынæн. Цы зæрдæйæ дæу афтæ бирæ уарзтон, Фæндыд мæ уый нывæрын дæр дæуæн. Ма* зæрдыл ма лæууынц дæ хорз ныхæстæ, Нæ сæ кæнын æнусы бонтæм рох. Поэтæн, дам, нæ дуджы — стыр йæ хæстæ, Хъæудзæн æдзух нæ рухс фидæныл тох. Цы фæндагыл фæраст дæ ды Мæскуымæ, Æз уыцырдæм кæддæриддæр кæсын. Мæ зарджытæй кæнын æэ тох, мæ лымæн, Дæ фæдзæхст дын мæ зæрдæйы хæссын. 57
МÆ ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ М^ фыдæлты уæзæг, дæу алкæм фæмысын. Хъæбулау нæ кæнын дæу дардмæ дæр рох. Мæ балцæй куы ’рыздæхын, гъе уæд ныттьгхсын Цæргæсау дæ риуыл, мæ цъæх-айнæг хох. I Мæ фыдæлты уæзæг, ды рухсмæ бæллыдтæ. Ды бирæ фæкалдтай дæ рустыл цæссыг. Дæ амонд ыссарыныл алкæд хæцыдтæ, Уæларвмæ фæцамадтай тохы мæсыг. Мæ фыдæлты уæзæг, дæ цъæх-цъæхид рæгътæ Æлдары дзæмбыты фыдфынтæ уыдтой, Дæ бæрзонд мæсгуытæ, дæ фидар гæнæхтæ Дæ мæстæй хъæрзыдтой, дæ мæстæй куыдтой. Мæ фыдæлты уæзæг, чысылæй мæ зæрдæ Фæрыстис дæ сагъæс, дæ мæтæй мæнæн. Зæрии хурмæ калыс ды абон цæхæртæ, Ныр д ’амонд, дæ цардæй æз райгонд куы дæн. Рукъ, 1930 аз.
• ÆЗ КЪАХÆЙ-КЪУХМÆ ДÆР ДÆУ ДÆН Цæ чъырынæй, ныллæг къонайæ Кæм калд сæнары сау фæздæг, Æз уым йæ хъæбысы нанайæн Куы бадтæн артдзæстмæ хæстæг. Фæцахуыр дæн нæ уæлхæдзарыл Чысылгай арæхсгæ цæуын. Нæ сыхæгты æмлæгъз къæйдзарыл Нæ уыди дугъ кæнын дæр зын. I Фыццаг цы ауади мæ хъустыл? Нæ уазал суадæтты хæл-хæл. Æз ма ныр дæр, ныр дæр фæхъусын Нæ фыдуаг Донгроны кæл-кæл. Цымæ фыццаджыдæр цы уарзтон? Æхсæрдзæн, хæхтæ æмæ хъæд. Мæ зæрдæмæ-иу арф æрбайстон 11<* урссæр хæхш сагъæс, мæт. Мæ Ир, ды мæн фæцахуыр кодтай — Цы у дзæбæх, цы у æвзæр.
Чысылæй дæр мæ бирæ домдтай, Цæмæй дын бамбарон дæ хъæр. Ныссагътай мын архъан мæ къухты, Цæмæй-иу рацахстаин бæх, Цæмæй-иу барджытимæ дугъы Тъæбæрттæй уадаин дзæбæх. 0 ме схъомылгæнæг Ирыстон, Ды радтай базыртæ мæнæн. Дæ хуыз мæ зæрдæйы ныффыстон, Æз къахæй къухмæ дæр дæу дæн. Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ. Ды дæ мæ фыд, ды дæ мæ мад. Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн, Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?
ГОРÆТ ОРДЖОНИКИДЗЕ Нæ урс хæхтæн сæ хъæбысæй Фæлгæсыс дард, сæрыстырæй. Дæу уарзæм мах, дæуыл зарæм, Дæ намыс дын бæрзонд дарæм. Рæсугъд ысты дæ даргъ уынгтæ, Сырх дидинæг — дæ дыргъдæттæ. Нывæнды Терк дæ дарджытыл,^ Дæ хъæбултыл йæ зарджытæ. Æвзыгъд ысты дæ лæппутæ, Нæры сæ кой нæ рухс бæсты. Æвæллайгæ —- дæ чызджытæ, Уæздан æмæ рæсугъд ысты. Уæлл^джыры хæ;зиадсн<2й Æрзал ласæм да& зав’одт^н. Дæ заводтæн, дæ фабриктæн Сæ кой у хъуыст нæ Цæдисыл.
Æрцæут-ма, нæ хæлæрттæ, Æрцæут-ма нæ горæтмæ!— Кæндзыстæм уын фынгæвæрдтæ, Æрцæут-ма, уæ хорзæхæй! 62
КÆМ ДÆ, КЪОСТА? Уый райсом у, рæсугъд райсом! Бæрзонд хохæй, тын нывæндгæ, Ысдардта хур йæ был. Дæуæн, Къоста, уый хъæлдзæгæй Иæ буц тынтæ куы байтыдта Ныр де ’нусон цыртыл. Хæххон дымгæ æлгъыст бонты Нæ сидзæртæн сæ сагъæстæ Дæумæ скъæфта, дæумæ. Уæд дзыллæты тæригъæдæй Куы ниудта ’мæ куы дзынæзта Дæ цырты раз сæумæ. Дæ фарсмæ та рæхснаг бæлас Куы байрæзтис æрхæндæгæй. Æрхæндæгæй, нæ ныфс! Кæддæр-иу уый сæргуыбырæй, Куы нызгъæлдта йæ цæссыгтæ, Фырмæстæй-иу ныррызт...
Ныр ма нæм кæс, куыд райгонд у, Æрцæуæгмæ куыд бахуды, Куыд райдзаст у йæ каст! Иæ сыфтæртæ куыд цъæх дарынц, Куыд бакæнынц сыбар-сыбур, У хуримæ йæ хъазт. Тæхуды ’мæ куы фехъуслс Дæ фæдонтæн сæ хъæлдзæг зард, Куы сын фенис сæ цард. Дæ фæндырæй, зыланггæнгæ, Æрцъæгъдис уæд, зынаргъ Къоста, Нæ цин æмæ нæ кад! ч Уый райсом у, рæсугъд райсом! Бæрзонд хохæй, тын нывæндгæ, Ысдардта хур йæ был. Кæм дæ, Къоста, уый хъæлдзæгæй Иæ рухс тынтæ куы байтыдта Ныр де ’нусон цыртыл!
# ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙÆН Сау ашгътæ рагæя Ирыстоныд бадтысты, Адæм дзынæзтой ’мæ калдтой цæссыг. Хуры фæлмæн тынтæ арвæй нæ кастысты, Никуы сæ батæфсти хохаг мæсыг. Кодта-иу сау сагъæс сидзæргæс сидзæртыл, Рухс дæр æм нал каст, йæ зæрдаз тыдта. Ус-иу ныффæлдæхт йæ мойаэн йæ ингæныл, Рустæм лæбургæ, йæ цардыл куыдта. Рудзынгæй буцгомау саулагъз рæсугъд чызгæн Хъæлдзæгæй нал хъуыст йæ кадæджы цагъд. Булæмаргъ-зардмæ-иу мидбыл нæ бахудти; Чызгæн йæ цæссыг йæ рустыл фæтагъд. Царды уæззау нывтæ ахсынц йæ цæстытæ: Сомбон — йæ уæйгæнæн, гъе та — ыскъæфт. Чи йын æмбары йæ сагъæс, йæ хъæстытæ; Сомбон йæ цæрæндон — талынг ыскъæт. Судзынц та сæнæрттæ къонайыл фæздæджы, Стонг сырдау баниуы хъугомæй уад. / 5 Плиты X. 65
Куывдтæ кæм арæзтой мæгуыртæ фæззæджы, Къуымты нæ федтаис иу къус ыссад. ’ Сау æлдар кæмттæм йæ хъалонмæ бабырсы: Афснайы адæмы муртæ бынтон. Ехсы таг уайтагъддæр мæгуырыл атыхсы, Исты йæ ныхмæ куы слзуры уæняон. Паддзахы сатраптæ ’фтыдтон кæрæдзийыл Сомнх, гуырдзыйæ, кæсæгæй, ирæй. Иу мыггаг иннæуыл н’ауæрста ’ргæвдыныл, Бæстæ-иу байдзаг и туджы зæйтæй. Нары гæмæх хæхты, цъитиджын урс хæхты Райгуырд нæртон поэт Хетæджы-фырт. Амард йæ ныййарæг. Сагьæссаг тухитæ... Саби дæр сидзæрæй баззади ныр. Мады фæлмæн риутыл фаг хаст нæ баййæфта, Цардæй нæ федта рæвдыд æмæ ад. Алы зындзинæдтæ сау цардæй бавзæрста, Кодта уый сабийæ удхар, фыддзард. Байрæзт, йæ фæндырæй «Додой» ныззарыди, Дардыл ныййазæлыд арвы нæрдау. Цъити фæджихау н, сау айнæг барызти, Къæдзæх цæлхъытæй фæйнæрдæм фæхауд. Анхъæвзтой кæмтты нæ Иры йæ зарджытæ, Хъуыста нæ Къостамæ дзыллæ бæстон. Царды уæз бамбæрста — чи кодта хъарджытæ, Чи ’рвыста царды гæвзыккæй: йæ бон.
Кодтой йæ карз тохмæ адæмы сагъæстæ, Знæгтæ йын уагътой йæ зæрдæмæ низ. Аскъуыд йæ хъис фæндыр, ацух йæ тар бæстæй, Дæттæ æд хъарджытæ кодтой фæдис. Нал федта, нал, мæ хур, йе знаг куыд фæтары, Мæиæ куыд æхсиды цинæй нæ цард. Риуыл йæ сидзæргæс’орден куыд æрсадзы, Кусджытæн арвмæ куыд хъуысы сæ зард. Фидар нæ зæрдæты бахызт йæ буц Лнрæ — Хъустыл йæ зæлланг æдзухæй цæуы. Уымайг æй адæм куы бауарзтой тынг бирæ, Уымæн ын абон куы дæттæм ныр цыт.
* * * ^Сз дард балцы куы ацæуьш нæ б’æстæй*— Фæмысынц мæн Мæ хъарм къона, нæ рындз, Фæхъуысынц мæм нæ дзыллæты хъæлæстæ, Цыма та мæм нæ суадæгтæ тæхынц... Ныййарæгау мæ фенынмæ фæбæллынц Нæ къуылдымтæ, Нæ хъугæмттæ, нæ хъæд. Куы ’рыздæхын — Дзæбæхæй мыл æмбæлынц Нæ бæлæстæ, Нæ дндинджытæ уæд. Гæдыбæлас æр’къул вæмйы х^рмсыл, Цъæх нæзымæ фæтилы наз йæ цечг. Куы бафтынц ам Нæ мæргътæ дæр къуыззиттыл, Уæд нал фæхатын дойны, не та стоиг,
О, дард бадцæй куыд хорз у, Куыд, æрыфтын! Нæ уæлвæзтыл куы ахæссын мæ цæет,— Мæ зæрдæ та ныррухс вæййы сæ нывтæй, Мæ зæрдæ у сæ рухс цинæй æфсæст. 69
!}: # * Цыма чындзæхсæв хæхтæм ис, Æмæ мæныл æфтауы дис. Ныннæры кæмтты дæтты зарын, Æрттивы ’нусон цъити дардыл. Æхсæрдзæнтæ хæл-хæл кæнынц, Фынккалгæ, бæрзæндтæй кæлынц. Лæууынц хъалагъуртау бæрзытæ, Æмрæхсиæг назтæ ’мæ иæзытæ. Фæхъуысы хъал фыййæутты ’хситт, Фæхъуысы хъал зымты къуыззитт. Дзæбидыртæ æдзух сæ сытæй Нæ къæдзæхтыл кæнынц гуымсытæ. Фæзилы ирд арвыл цæргæс, Цыма æгас бæстæн у гæс.
ХЪЕЛЫ ЦАД Рæгъты сæр Урстуалты — Хъелы цад. Гъей-джиди, Гъеныр уым фест! Уырдæм куыд хорз зынынц: Зилгæхох, Джермугъ, Сæна æмæ Рес! Цæст дзы кæм фефсæды! Уымæй фæцæуын нæ фæфæнды мæн. Айдæнтау ферттивы, Хурмæ сызгъæринау калы тæмæн. Цал хуызы равдисы! Раст цыма арвырон февзæры ам. Дымгæмæ базмæлы, Раттынц мын уылæнтæ, Раттынц, салам, Хъентæй цыртдзæвæнтау. Бурбын дзæнхъа дуртæ иуварс лæууынц.
Хъæрты заеллангтæ дзы Азæлынц æадæ фæзмæгау кæнынц. ——р> 72 Йе ’ннæ фарс — хизæнтæ, Урс дзугтæ. • Райхъуысы уадындзты уаст, Зимтæ, хуыргæрчытæ Радгай, къуыззитгæнгæ, Стярхынц а-ьаст. Рæгъты сæр Урстуалты — Хъелы цад, Иры рæсугъддæр бынат. Гъей-джиди! Уый фарсмæ Али сæрд хурбонты арæх фæбад!
Уæлдай рæсугъд вæййыс, мæ хъæу, Куыддæр æрцаайныгуылы хур, Тагхуды, ахъæбыс кæн даэу! Тæхуды, демæ фаг фæдзур! Дæ сæрмæ мигъы къæм ныссырх, Уый хур ыснывæнды йæ тын, Ысуагъта бур-бурид æрдын, Æмæ тæгтæ-тæгтæй фæпырх. Тæхынц дæ хъæдмæ мæргътæ ныр. Хъæд базмæлы, кæны сыр-сыр. Сты мæргътæ зарынæй фæллад Æмæ та улæфынц æнцад. Фæрог и уæлдæф, нал у ’нтæф. Цæуы уыгæрдæнтæй хæрздæф.
УÆЛÆХОХ ДЫЛ КУЫД УОН! Каем нæ уыдтæн, цы рæтты-иу нæ хаттæн, Куы ’нкъард кодтон, куы та фырцинæй радтæн. Фæлæ уæддæр æз дæу, мæ Рукъ, фæмысын, Цыдæрхуызон мæхимидæг фæтыхсын... Мæ цæстысыг фыццаг хатт ам æркалдтон. Фыццаг хатт ам мæ къух мæ мадмæ радтон. Мæн авдæны сындæггай уый фæуызта, Мæ улæфтмæ мын тар æхсæвты хъуыста. Ам арвы нæрд мæнмæ фыццаг хатт фехъуыст. Æз ам федтон фыццагдæр, зæй куыд фенкъуыст. Мæн-иу йæхимæ Сауыхъæд куы сайдта, Бæгъæввадæй мæ уасæгой фæсайдта... Мæнæн-иу дымгæ бадзырдта ма? хъусы. Фæлмæн уддзæф уым узæлыд мæ рустыл. Дзывылдарæн куы ссардтон уым йаэ ахстон. Æз гагадыргътæ уыцы ран куы тыдтон, Гыццийæн дзы мæ хызыны куы хастон. Мæхицæн-иу фæсалæй рон куы сбыдтон. Хуыскъæлтæ-иу хуымгæнæнты куы уыгътон, Уæлыгæсæй та сау сæгъы куы дыгътон.
Ам базыдтон кæсын æмæ фыссын дæр,— Уыд ме скъола рæвдауæндон, фысым дæр. Мæнæй, мæ Рукъ—мæ уарзон хъæу, куыд рох уай! Уæлæхох дыл куыд уон, зæгъ-ма мын, оххай!
ш АЙНÆГМÆ О гормоп, сау айнæг, Бабукъ дæ хæхты ’хсæн, Уагæр цæуыл у дæ маст?— Раст цыма иунæг дæ, Ие кжнæ спдаæр дæ, Уыйау æикъардæй — дæ каст. Ллхатт дæм бон-рухсы Уалæ йæ зынг цæстæй Хуры тын худгæ кæсы. Уый дæм æрттивгæйæ, Арвы рæсугъд цъæхæй Цардæн йæ буц тын хæссы. Дымгæ дæм а бæстæй Алыбон, цингæнгæ, Ног хабар скъæфы бæстон. Гъе уæддæр карз мастæй, Ниугæ, дзыназгæйæ, Фервитыс де ’хсæв, дæ бон.
Хауьшц æхсæрдзæнтæ Цъититæи арф коммæ, Азæлы дардыл сæ хъæр. Цæй-ма, цы ныхъхъус дæ? Сагъæс цæуыл кæныс? Бяхъырв сып, бахъырн, ды дæр! _Баэм#л-ма, сау айнæт, Хæхты ’хсæн ма дзыназ, Аив дæ зæрдæиы конд! Уафы дæм, тауы дыл Рухс тын сызгъæрин хур, Схæц-ма дæхнуыл бæрзонд! 1930 аэ. 11
ÆРДЗ ХУДЫ, ЙÆХИЦÆЙ НЫББУЦ фæлгæсын бæрзонд хохы цъуппæй. Уызæлы та уахъæз мæ’ныл. Хур хъазы ’мæ худы фырбуцæй, Хур уафы йæ тынтæ дæрдтыл. г Йæ дарæс тæхудиаг — æрдзæн: Фæлыст у цъæх сыфтæртæй хъæд. Цъæх айнæгæй хауы æхсæрдзæн, Ф^екæны, пырхкалгæ, сæррæтт. Æнусмæйы цъититæн калынц Сæ урс-урсид риутæ тæмæн. Ам зымтæ къуыззитгæнгæ кафынц. Ам цæргæстæн — бархи тæхæн. Æрдз худы, йæхицæй ныббуц и, Иæ хорзæхæй хайджын куы дæн. Дæ цинæй, дæ хъазтæй ныррухс и, Хæххон æрдз, мæ зæрдæ мæнæн!
• ДИДИНÆГ Доны был дидинæг рæзы, Хъæлдзæгæй сдардта йæ цæст, Райдзаст, цъæх кæрдæгджын фæаы Æрдзы рæвдыдæй — æфсæст. Худгæ, йæ сырх сыфтæ тилы, Бабуц и хуры тынæй, Ирдгаэ йæ фæрсты ныззилы, Уæлдæф ныхъуыры зыдæй. Байрæз уал, дидинæг, абон, Ног чындзау сфæлындз дæхи! Адджын хай рухс æрдзæй ратон, Фадат дын рæзынæн и! Райсом дæ сау рæсугъд буцæн, Буц риуыл цинæй хæсдзæн. Уый дын дæ хорз тæфмæ смуддзæн, Уый дæ-иу райгонд уыдзæн. Мæскуы, 1934 аз.
ФЫЙИАУ фыййау дæн æз, Хæххон фыййлу дæн, Мæ дзугыл ахæссын мæ цæст. Сæуæхсид мæм кæсы, фæйлаугæ, Æз хуры тынтæй дæн æфсæст. Фыццаджыдæр мæныл уызæлы . Æнусон цъитийы уæлдæф. Мæ зарæг ам фыццаг ныззæлы. Ныхъуырын дидинджыты тæф. Мæ хъустыл-иу фыццаг фæуайы Нæ уазал суадæтты сæх-сæх. Æз фенын, кæрдæгыл куыд тайы, Æвзистау фертти’вгæ æртæх. Цæргæстимæ кæнын ныхæстæ, Зымы къуыззитт æрцахсы хъус. Фæдауы мын рæсугъд уæлвæзты Сæумæйæ рог дымгæ мæ рус.
Фыййау дæн æз, > Хæххон фыййау дæн, Мæ дзугыд ахæссын мæ цæст. Сæуæхсид мæм кæсы, фæйлаугæ, Æз хуры тынтæй дæи æфсæст. 6 Плиты X. 81
# Уæлхох быдыртæ, сæрвæттæ, Цъæх кæрдæгæй уыл — гауызтæ. Цы дидинджытæ сæвæрдтат! Сындæг сæ уахъæз аузы. 1 Зæй рацыдау уæм анкъуысти Хъызлайраг урс дзуг — уазджытæ, Сæ уасын рæгътыл айхъуысти, Æмæ та зæлынц уадындзтæ. Уæ бынмæ ис æхсæрдзæнтæ, Пырхæнтæй рахсынц айнæджы. Нæ фыстæн уым — сынæрцæгъдæн Фæсхиз æфсæстæй сатæджы.
• ХÆРЗБОН, НÆ СÆРВÆТТÆ Хазрзбон, нæ сæрвæттæ, Хæрзбон! Хъызлармæ раст кæнынц нæ дзугтæ. Сымах ныууадзын нæу æнцон,— Цыдтæн уыл заргæ æмае худгæ. Мæ фысты лæсæнтæй хызтон, Къæвдаты сæ дзæгъæл нæ уагътон, Æз сæ цъæх кæрдæгыл хызтон, Æхсæв сæм бирæгъты нæ уагътон. 83
'# ХОСГÆРДÆНТЫ Хæххои уыгæрдæнтæ фæйлауынц, Сæ фендæй цæст сæхямæ сайынц. Уæвгæ, куыд зад ысты, куыд зад! Мæ разæй хъал хосдзауты айсын, Сыххуытгæнгæ, цыргъ цæвæг дасы, Фæлæ нæ хаты цонг фæллад. Фæлтæргай авнæлдтам тæссармæ. Тъыфылтæй кæрдæг хауы карстмæ, Рæгъæй бæзджын уистæ — æмраст. Нæ уæнгты рог дымгæ уызæлы, Кæрдæм..* нæ хъæлдзæг зарæг зæлы. Цæргæстау размæ у нæ каст. Кæс, узгæ-узын мын цæуынц; Тъæпп мын куы хауынц ныр фырнæрдæй. Хæрзбон ды дæр, фæлгæсæн рындз, Фæлæ дæ баззадн мæ зæрдæ. Чызгай-иу райсомæй мæнæн Хæринæг ардæм рæвдз ысдавта,
Æмæ-иу сагъæстыл фæдæн, О, днссаг!.. Цавæр хур маз тазта! 65
сычъи Цысылæй дæр æз æрдзы нывтæ уарзтон, Мæ зæрдæмæ сæ рæсугъддзинад хастон. Куыд хорз у, куы, Бæрзонд рындзтыл хæтын! Сæумæйæ сыл куыд уафы хур йæ тын! Æрттивгæ бон мæм сау айнæгæи разынд: Æвзыгъд сычъи йæ сæиыккимæ хъазыд. Уыди ма йын ызгъорынмæ æдых, Рæвдыдта йæ, Ысдæрдта йын йæ ных. Гæрах кæцæйдæр уалынмæ фæцыди, Лæппын сычъи къуыбылойау æртылди. Фæсонтау и, Фæтарсти уæд йæ мад, Гæппæй йæ фæдыл тигъæй коммæ уад. Фæлæууыди, Æркасти йæм, ныууасыд...
Иæ сонт уасын ныййазæлыди фахсыл. Куыдта, дзынæзта адæргæй сычъи. Уый судзгæ мастыл чи бафтыдта, чи?! 87
Зæрæхсидæй та сфидыдта мæ бæстæ, Æфсæдæн мын йæ райдзаст уындæй нæй. Хъæд улæфы йæ боны куысты фæстæ, Кæнынц лæугæйæ бæлæстæ фынæй. Æрмæст-ма дон ныццарауы нæ комы; Йæ уадындзæй, йæ фæндырæй цæгъды. Фæллад уæнгтæ сæ фæллад уадзын домынц, Мæн улæфын æнæмастæй фæнды. 88
ф Изæрæн хъазы уадымс рæгътыл. Сæрыстырæй нæ къуылдымæй кæсын: Уызæлы даргъ бæлæсты сæртыл Игæргъуызæй зæрин хурæн йæ тын. «Хæрзæхсæв» загъта хур нæ зæххæн, Йæ рæвдыд ын нæ бакодта хæлæг, Цыма йын у фæлмæн æндæхтæй Цыты лæварæн риударæн æгънæг. 89
ф Рагъæй хур йæ цæст æрдардта, Уафы арвырдынау тын. Бæсты йе ’ркастæй æрцардта, Бæстæн алыгъди йæ фын. I Уæтæр бахудти фырбуцæй. Дуры сæр ыслæууыд сæгъ. Цæй-ма, хорз фыййау, æрдуц æй, Рауадз хъарм æхсырæй рæгъ. 90
УАЛДЗЫГОН МÆРГЪТÆ Арв æрттивы, Арв ныннæры. Царвау мит бæрзæндты тайы. Комы лакъондон æфсæры. Кæрдæг хуссарвæрсты суайы. Хъуысы мæргъты зард тъæллангæй; Алы ’взагæй уасын систой: Чи-ри-чу-ри... чик-чи-ра-ка... Чъи-чъа-ра-чъу... Чъис-чъус... чъис-сой... Æмæ цастæй тæхынц, цастæй! Кæс, ныххал ысты фæд-фæдыл. Ныр сæ цъах-цъахæн, хъæрахстæн Нал ис, иал, æнцайæн хъæды. Хърихъ’утшытæн мигъты скъ^ыдтæй’ Дард сæ хъыр-риу хъыр-риу хъуысы. Куы æрттивынц хуры тынтæй, Куы сыл мигъ-къуымбил æртыхсы.
Уасынц мæргътæ алы ’взагæй. Бæстæ та сæ сæрыл систой. Чъи-ра-чъу-ра... Чъи-чъи-ра-ка... Чъир-чъир-чъу... Чъи-ри-ка... чъис-сой... 92
• ÆРТАХТ ЗÆРВЛТЫКК фæзынд, æртахт зæрватыкк, Æртахт, æмæ йæ фæстæ Тæхынц, тындзынц æндæртæ Дæрддаг бæстæй нæ бæстæм. Кæсынц та сæм æнхъæлмæ Бæрзонд рæхснæг нæзытæ. Сæ сæртæй сын æркувыиц , Нæ урс-урсид бæрзытæ. Бæллынц, бæллынц сæ фендмæ, Хæл-хæлгæнгæ, нæ дæттæ. «Æгас цæут, нæ хуртæ!»— Фæзæгъынц сын дыргъдæттæ. Пæ хох æмæ иæ быдыр Ысфидьитой сæ хъазтæй, Фæлнæн цъыбар-цъыбурæй, Сæ зарынæй, сæ уастагй.
0 РАГУАЛДЗÆГ Рагуалдзæг райгæ æрдыди, Ногæй та сулæфыд зæхх. Малусæг фæзты фамынди, Кæрдæгæй къуылдым фæцъæх. Хур нæм йæ тынтæ нывæнды, Цъититæн батæфст йæ фарс. Аууоны бадын кæй фæнды!— Рахызт йæ лæгæтæй арс. Цæгæтты арф мипæ тайынц, Райдыдтой дæттæ сæр-сæр. Бæлæстæй мæргътæ ныззарынц, Арв дæр ныннæрыд кæмдæр. 1929 аз.
ф МАИЫ Хьæлдзæг майы, райдзаст майы Хур йæхи фæлмæн къæвдайы Цинæй, мидбылхудгæ, найы, Мигъты ферттивы йæ цæст. Бæстæ рухс у, бæстæ райы. Кæрдæг фенкъуыст æмæ зайы. Цъити батæфст, цъититайы. Стæхы йæм цæргæс æрмæст. Хъæлдзæг майы, райдзаст майы Комы дон, фынккалгæ, уайы, Чи æййафы уыцы ’ррайы! Бахудт гауызхуыз быдыр. Æрдз йæхимæ зæрдæ сайы. Хур йæ тынтæ ’нæвгъау найы, Цины уынæр х’ъустыл уайы, Зæрдав фестади фæндыр. Хъæлдзæг майы, райдзаст майы Мысы ’взонг уарзон йæ къайы, Уый фæлмæн, зæрдиаг байы —
Уый сыгъдæг уарзондзинад. Хъæлдзæг майы чи фæллайы!.. Райгонд куыстмæ зæрдæ ’хсайы, Хъæлдзæг майы, райдзаст майы, Адæймаг нæ бады ’нцад. 96
ДЗЫЦЦАЙЫ АРФÆ Цысылæй мын дзыцца Æрвылуалдзæг дзырдта: —"Нæ лæппу, Гаккукк нын нымайы Йæ уасынæй нæ азтæ, Бæгъæввадæй кæй феиы, уый фæсайы. Æмæ йæ цæф къæхтæ фæхæссы бастæн. Фæхъæр æм кæн æрмæст: «0 гаккукк! Цал уыдзысты, цал, мæ азтæ?» Дæумæ, мæ хур, йæ зæрдæ райдзæн, Æмæ дæм хъæдæй уасдзæни, нымайдзæн: Ды цас цæрдзынæ, Цал азы фæцардтæ. Сывæллонæй æз дæр Æууæндыдтæн мæ дзыццайы иыхасыл. Æз фарстон гаккуччы: ~ Зæгъ-ма мыи, гаккукк, Цас цæрдзыиæи, цал ысты мæ азтæ? Æмæ-иу абадт гаккукк дæр бæласыл,— Нымадта мып мæ азтæ уый нæ уастæй,
УæД ма æз чнныджы нæ касгæн, Пымайын дæр нæ зыдтон. Дзыцца-иу фарста мæи, Рæвдаугæйæ, фæлмæи: — Цæй, цал азы, Мæ цæст, дзыцца фæуа дæ нывонд? — Мæхи дзыцца, тæхудиаг уыдзынæн, Дыууæ сæдæ цæрдзынæн. — Фæцæр, мæ хур, фæцæр!— Мæ цонгыл мып хæцыди, Сæрфта мын-иу мæ сæр, Мæ амондмæ бæллыди. Фæцард сæдæ азæй фылдæр, Цæрын ма йæ фæндыди.
СÆУУОН БАЛЦ Хæхтæй сæууои дымгæ ’рдымы, Бадзырдта: «Рауан-ма тагъд, Уæ, Хадо, мæнæ дæ бæх! Рохтæ рæдувы, ыскъуыны, Ифтонг æд идон, æд саргъ, Абад ыл, уарийау тæх!» Рауадтæн кæртмæ мæ уатæй, Æмæ уæнгрогæй, цæрдæг Баппæрстон бæхыл мæхи. Пал æнцад комы йæ уадæй, Кодта сæгуытау сæррæтт,— Чи ма йæ урæдта, чи? Уады дзæхст суайы мæ риуыл, Цæстæй æркæлы цæссыг. Рохтыл нындæгъди мæ къух. Сау нымæт уæхсчытæй схънуы Æмæ фæйнæрдæм ныппух. Сыстад мæ хæдфæстæ рыг. 99
Денджызау мæнæу фæйлауы; Мидбылты худы быдыр, . Фестади зæрдæ фæидыр. Цардæн йæ гуылфæитæм уайын, Фатау мæ фæндаг у раст. Размæ цæргæсау — мæ каст. Мæсщы, 1935. 100
9 СÆУÆХСИД Уыи сау æхсæв цæй тар уыди, К>ы нæ зынд арвы цъæх. Мæндары бын æрныгъуылдн Чыидзау -фæлыстгонд зæхх. Ныр тар æхсæв куы афардæг, Уый сусæгæй фæлыгъд; Йæ бæсты та нæ хъал уазæг — Сæуæхсид ныр куы ссыгъд. Рæсугъд ныззары булæмаргъ, Къуыззиттæй бандзаг хъæд. Æрттивы хуымты бур мæнæу,— Йæ нæмыг у рæгъæд. Æрцу сæуæхсид фарнимæ, Æри нæм, цæй, дæ къух, Æмбæлæм дыл саламимæ, Дæхи та ныл ныттух! Æхсæрысæр, 28IV! 1-35.
ф. ХÆХХОН РАЙСОМ Хуры тыи х^ссæрттыл хъазы; Айнæгыл цинтæ кæны. Бæлæстæн се ’ртæхтæ нуазы; Бæлæсты худын кæны. Хуры цæст хъæумæ нæма сзынд; Хъомгæстæ скъæрыиц сæ хъом. Чидæр йæ уадындзæй уасы, Айзæлдæй байдзаг и ком. Рансомы рог ирдгæ скъæфы Нæзытæн, назтæп сæ тæф. Риуы дзаг алчи улæфы Æрдзы рæсугъд хуын — уæлдæф. 102
ф ДЫРГЪТЫ БÆРКАД Æрттивынц хурмæ бур фæрстæй Мæ кæрдотæ, фæткъуытæ, Мæ сæнæфсиртæ пуцæлттæй Ныххæлттæ сты фæрдгуытау" Мæ зад дыргътæ æртондзыиæи, Уыдзæнис мæм фæллæйттæ. Мæ хæлæртты æрхондзынæн, Кæндзынæн сын лæвæрттæ. 103
ФÆЗЗЫГОН ХЪÆД Раисомæй акæсын хъæдмæ,— Асады сау мигътæй арв. Цъиуты зард хъуысы гæзæмæ, Сау хъæд та бафынæй тарф. Сбур и, йæ дарæс ызгъæлы, Хур æй ныр нал тавы бон. Дымгæ йыл хæхтæй æмбæлы, Сабыр ын;бахъырны дон. Уад-дымгæ стонг сырдау зилы, Гом хихтæм уазал хæссы, Бæлæсты къалиутæ тилы, Хъæд дæр æм джихæй кæсы.
ф ФЫН Уаргæ мæйдар æхсæв Фестаддæн айиæтыл, Иу сыбыртт иикуыцæй хъуыст. Сау мйгъ хæлбурцъытæй ’Рынцади сау хæхтыл,— Скодта фыдуазал, фыдхъызт. Уазалæй баргъæвстдæн, Ме уæнгтæ срызтысты, Нал мын уыд фезмæлд, фæкаст. Хъуысти мæм уад-хъызты ’Хсæрдзæны тарф хъæрзын, Комбылтæн кодта йæ хъазт. Ыиудта уый стонг сырдау Цъитийы арф бынæй, Дымгæ йын хаста йæ хъæр. Зæрдæ нырхæндæг и, Цæссыг зæрдæбынæй Рустыл нызгъæлдтон æз дæр. Уалынмæ сау мигътæ Уаптагъд фæтар ысты; Хур дæр мæм ракаст дзæбæх.
Уый мæм йæ рухс тынтæ Худгæ æрнывæзта, Цины хуыз равдыста зæхх. Батæфсти ’хсæрдзæн дæр, Хурмæ нæ фынчытæ Кодтон тыбар-тыбур раст. Мæргътæ мæ алы фарс, Рандыдтой за рджытæ, Айхъуысти кæмтты сæ уаст. Хъазгæ ’мæ заргæйæ, Рæгътыл æрфардæг дæн, Зæрдæ уыд цинæй æфсæст. Гъей-джиди, ацы хур Дунейæн йеппæтыл ’Рттивгæ куы дарид йæ цæст! Киев, 1937 аз.
\ ч \ КЪУХтХй МÆ ЕРÆДЗЫПП АХАУД ÆВАСТ Дзомагъы рæгътыл æз цуан кæнын уарзтон. Иухатт та ме уæхскыл ерæдзыпп айстон. Схæццæ дæн рагацау рагъмæ хæстæг. Бур-бурид дардта фæззыгон кæрдæг. Ац ’афон хæхты куыд хорз у фæзилыи! Цъититы цурмæ мæ сфæндыди схилын. Сайдта мæ, сайдта, сæ рæсугъддзинад, Æмæ нæ хатыдтон рæгътыл фæллад! Ауыдтон суадоны былыл сæгуыттæ, Ради фырцинæй мæ зæрдæ сæ уындæй. Уæдæ куыд диссаг уыд къæйтыл сæ хъазт! Къухтæн мæ ердзыпп ахауд æваст. 107
т СÆГУЫТ Ныхъхъуынтъыз арв, ныккалдта их, Уад хоста сау айнæг-къæдзæхтæ. Лæсæнуат фестадысты хæхтæ, Нызмæлыд хох, æркалд йæ тигъ. Æрмæстдæр ма æвзонг сæгуыт Сæрыстырæй лæууыди тигъыл. Кæд уад, хъæрзгæ, æмбæлд йæ риуыл, Кæд сæрсæфæн былыл лæууыд, Уæддæр цæхæр цæстытæй каст, Æмæ нæ цæстысыг нæ калдта. Нæмыг ыл цуанон цыма суагъта,— Фæсæррæтт кодта уый æваст. Нынниуы стонг сырдау фыдуад, Йæ разæй дымгæ мигътæ скъæфы, Сæгуыты сæрмæ арв ныинæры. Сæгуытæн рагъырдæм йæ уад. Иæ гæпп, йæ фезмæлд цæст кæм ахсы! Иæ хъазæн цъуппытæм тындзы. Пыссабыр уад. Æрбарухс бон. Зæрии хур арвастæу æрттивы, Иæ хуыз та бæстæ ногæн ивы.
Фæйлаугæ кæмтты згъоры дои. Сæгуыт дæр хохы сæрæй уæд ^ссрыстырæй фæлгæсы дардмæ Ря<;угъд кæмттæм, цъæх-цъæхид арвмæ. ефт уадимæ йæ мæт. 1933 аз. 109
ИЗÆР Æризæр, хур сындæггай рагъыл, Йæ тынтæ уафгæйæ, ныттылд. Сырх зæлдагау хæмпус æврагъыл Зæрæхсид, хъазгæйæ, фæзынд. Йæ боиы хуыз рæсугъд æрдз ппы. Ыскасти мæй... у арв сыгъдæг. Æвзистау кæмтты дон-æрттивы, Фæлурсæй тайы фæлм сындæг. Сæ ахстæтты та цъиутæ бадынц, Фæлмæн цъыбар-цъыбур кæнынц. Уыгæрдæнтæ дзæбæх тæф уадзынц. Лæ хæхтæ ирдхуызæй кæсынц. Æрфаста бæлæстæн сæ сæртæ Сыгъдæг дымгæ, æмæ ма цъус Сыбар-сыбур кæнынц сыфтæртæ. Æрфынæй хъæд æмæ ныхъхъус.
ХÆХХШ1 СÆРВÆТТÆ фæзилын сæрвæтти сæрдыгоп, Мæ цæст сыл ахæссын æрвылбон. Сæ фендæй нал фефсæды цæст: Фæлмæн фæсалгæрдæг æркъул н, , Цымæ йæ чи ныффаста зулмæ? Цым фæтæнтæ фынгау — æмлæгъз. Сæумæйæ дидинджытæ ’рттивынц, Кæркусджытæн сæ сæртæ ризынц, Бæрзондæй дарынц дардыл цъæх. Иæ буц хъæбулы мад куыд узы, Фæлмæн уддзæф сæ афтæ ’нкъусы, Æмæ тæмæнтæ калы ’ртæх. >
МÆИРУХС У МÆ ЗÆРДÆИЫ ХУЫЗÆН Хуыссæг ахсæв мæиг æпиын нæ ахсы, Æмæ ныр куыд’æрдомон хуыссæн, Æрдз йæхимæукæд мæ зæрдæ ласы,— Мæйрухс у мæ зæрдæйы хуызæн! ] Рацæуын, мæ рухс фæндтæ мæ хонынц, Апнæг мæм æ’ддеауæй зыны. Æз цæуын, æрмæст кæдæм,— нæ зоиын. Зæрдæ, зæрдæ хæхтырдæм тырны. Хъазынц арвыл стъалытæ мæсæрмæ, Далæ комы урс фынк калы дон. Хъусын æз йæ уылæнты сæр-сæрмæ, Хъусын æз йæ зарынмæ бæстон.* Дардыл тар хъæд м ’алфæмбылай ныззылди. Сæрвæттæм æнæфсисæй кæсын. Фалдæр та цъæх уыгæрдæн ысзынди, Ирдгæ мæм æхсызгон тæф хæссы.
Цæй, ныр æз куыд нæ фестон сывæллон! Хуыссæг ныр куыд хъуамæ ’рцахса мæн! Ердзы райдмæ æз куыд нæ фæбæллон, ^д йæ уындæй уацары фæдæн! 8 Плиты X. ИЗ ’
( 0 БЛРÆГ, БЛЗЗЛД / ДÆ МÆ УД / /(Хъантемыраты Ирбегæн -Цирчы чи уромы бæхы! Акæс, уарийау куыд тæхы! Барæгæн кæнынц æмдзæгъд. Бæх йæ фæстæгтыл ыслæууы, Кувы кæсджытæн йæ сæрæй, Хойы рахиз къахæй зæхх. Бæх, сæррæтгæнгæйæ, уайы, Зилы, барæджы нæ сайы, Саг ма уайы афтæ ’рмæст. Цъилау зилыс ды йæ уæлæ Саргъыл, куы йæ быны, фæлæ Де ’рзылдыл нæ хæцы цæст. О, цы рог уæнгтæ дыл базад! О, куыд тасаг дæ бæрз уисау! О, куыд фидауыс рæсугъд! Хъаз ма кардæй! Бæх нæ бастад. Уайы, хорз дын кæны уисæн. Барæг, баззад дæ мæ уд.
ф ГПРÆН Хур куы ба&тыдта Бæстыл цины рухс, Зæхх чьшдздзон чызгау Хи куы сфæлыста, Уæд нæ Ирыстоп, О, иæ булæмаргъ, Талынг ингæпмæ Дæу куыд æрвиты? О, цæй сймд кодта Дысон арвастæу Мæй цæлхыдзагæй! Уый дæм рудзынгæи Уатмæ мидбылты Уæд бæргæ худти, Фæлæ нæй, хæлар, Нал ,æм ракастæ Ды дæ зынг цæстæй... Дæу æгъатыр низ Махæй аскъæфта, 115
Æмæ судзгæ хъыг Бахызт зæрдæтæм., О иæ булæмаргъ, Ды дæ чырынæй Ацы дзыллæтæм , Ыыр куыннæ скæсыс,/ Кæд ныдздзыназьпид Уыдои къулсæрæХ Кæд сæ цæссьи^тæй Судзынц уад^лтæ? >?' Фыд, дæ зæронд фыд, Цæс^гæй нал хаты, Нал, йæ боны рухс. Ризгæ, сабыргаи Уый дæ мæрдон буар Уырзтæй асгары, Фæлæ нал уынут, Нал, уæ кæрæдзи. Хур куы байтыдта Бæстыл цины рухс, Зæхх чындздзон чызгау Хи куы сфæлыста. Уæд иæ Ирыстон, О нæ булæмаргъ, Талынг ингæнмæ, Дæу куыд барвита?!
Æ^САДМÆ \ \ Рухс фæзыиди хъæды *рлУзы» Хуры тынтæй барухс рындз. Дымгæ цъæх кæрдæг ныуузы, Бæлæстæ сыр-сыр кæнынц. Уый кæй зарæг хъуысы дардмæ, Уый кæй фæндыр цæгъды, кæй? Рараст кафгæ æмæ заргæ Хъал фæсивæд ныр фæрнæн. Кæрты дуарæй ракаст худгæ Мад йæ хъæбулы фæдыл: «Цæй-ма, акафут, мæ хуртæ, Цæй-ма, ацæгъдут фæндыр!» Рацыди хæххон гуырд балцы, Сырх æфсадмæ раст кæны. Мад ын цингæнгæ, йæ разы — «Цæй, фæидараст у!» зæгъы. «Дæу æфсургъ-байраг ыскъæфдзæн Тохы артдзæстмæ рæвдзæй,
Æмæ\уæд дæ карды Дзæхстæн Хъуамæ знаг фæуа быиæй.» 1 Хур ыскаст нæ уарзон зæххыл, Хъазгæ худти хъæлдзæг бон. Лæппу сбадт йæ саулох бæхыл, / Загъта йс ’мбæлттæн: — Хæрзфон! / .118
ЛМ2НГÆС Цæхæрцæст салдаты тымыгъджын æхсæвты Нæзыты бын н ’ахсы хуыссæг. Нæ бауасы цъиу дæр ам митæмбæрзт хъæды. Нæй, никуы и змæлæг хæстæг. Ныууагъта йæ хуры Ирыстопы хæхты, Иæ хур-иу фæндырæй дзæбæх Æрцагъта цъæх уалдзæг, Сæрдыгон изæрты... » Æрттывта-иу нæууыл æртæх. Сæ уарзондзинадыл-иу зарæг нывæзтой, Сæ фидæны амонд уыдтой. Сæ цин дæр, Сæ хъыг дæр кæрæдзийæн уæрстой. Сæ кæрæдзи фæндтæ зыдтой. Салдат ныр нæ арæнты азилы, сгары. Нæ дзы у йæ хъарм хæдзар рох. Иæ райгуырæи бæстæ нæ зæрдæйыл дары, Иæ сæрыл кæндзæни уый тох.
ГÆХДЖЫТЫ ЗЛРÆГ Мах — Фыдыбахты хъæбултæ, Мах ныфсджын ыстæм, домбай, Мах æрзилæм арвыл’ маргъау. Мах ыстæхæм мигъты фатау. Махæн арвыл хур — æмбал. Уадз, фыдгулы зæрдæ рисса, Уадз, фыртæссæй риза знаг, Уый нæ арæнтæм куы хиза, Ыогæй та гæрзтæ куы сиса, Ногæй та куы тауа марг, Гъе уæд мах æгæрон арвæй Знагыл калдзыстæм цæхæр. Риздзæн зæхх, æнкъуысдзæн дардыл, Æмæ уыцы ’хсидгæ арты Знагæн басудздзæн йæ сæр. 1935 аз.
МА КÆН ХЪЫП Арв йæ цæстысыгтæ згъалы, Хæхтæ ’рхæндæгæй кæсынц, Уыдон мын, мæ зæрдæдарæн, Цæстыл ауайын кæнынц — Ды цы ставд цæссыгтæ уагътай, Тохмæ æз куы цыдтæн, уæд. Ды дæ сæр цæмæн æруагътан? Ды цы кодтай сагъæс, мæт, Кæд æмæ нæ Фыдыбæстæн Не знаг судзгæ маст хæссы? Кæд йæ маргæй зæхх фæхъæстæ, Кæд уæззау риссæй хъæрзы? Ма кæн хъыг, мæ цæстыгагуы! Нæу мæм, нæу, цæссыг æмхиц. Тагъд фæтых уыдзыстæм знагыл, О мæ зæрдæйы бæллиц! Уæд рæсугъд цъæх арвы фурдыл Мæй куыд фæкалы тæмæн, Афтæ та дæ буц уадултыл Хъаздзæн циндзинад дæуæи. 1942 аз.
НЫР ЦЫ УРОМЫ ХÆСТОНЬИ Тымыгъ сыстад, тымыгъ ниуы, Уайы, футгæнгæйæ, рагъыл... Мит зæйау рæдзæгъдтæй схъиуы, Арф хъæпæнтæ ’вæры дагъыл. Уад йæ разæй мигъты суры, Уад æврæгъты тæитæ стигъы, Уад ыстонг сырдау лæбуры,\ Уад зырнау ныззилы тигътыл. О, уæддæр хæстоны зæрдæ Фестад арт,— нæ тæрсы уадæй. Уый æрбаста рæвдз йæ гæрзтæ1: - Уый — хæрзифтонг топпæй, кардæн. Ныр цы уромы хæстоны! Уый бырсы, хъæпæнтæ ссæндгæ. Пе стыр маст нæ риуæй тоны, Сар сæ сæр кæндзæни знæгтæн!
СИДЗÆР САБИ Æрттишл ма стьалы цъæх ариыл, Сæуæхсид арвгæрæтты ссыгъд. Дон узы йæ уылæитæ дардыл. Фæллад æрдзы хуыссæг фæлыгъд. Хъæу судзы, цъæх пиллон ыскалы. Цæнгтæсастæй бæлас лæууы. Бæгъæввадæй иу саби згъалы Йæ цæссыг, хæкъуырццæй кæуы. Æргъæвст цъиуау уазалæй ризы, Ыстонгæй фæлмæцы, тыхсы. Иæ мадыл йæ сонт зæрдæ риссы, Æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы. Нæй уынгты æппындæр ызмæлæг: Хьæу — афтид, пырхытæ, æнкъард. Ызнаг æй фæкодта æдзæрæг. Уым бабын и сабийы мад.
Куыдз кæрты æмбуйæ нынииуы, Æрбайхъуысы сау сынты уаст. Ыссудзы мæ зæрдæ мæ риуы, Ызнæгтæм фæтоиы мæ маст. Станица Суворовская, 1942 аз. 184
• ДИДИНДЖЫТÆ 0 рæсугъд, сырх дидинджытæ, Калдтат хуримæ тæмæн. О цыкурайы фæрдгуытæ, Сабийæ рæвдыдтат мæн. Раджы-иу уæм æз фæраст дæн, Уе ’ртæх-иу сындæггай тад. Цингæнгæ уæм æз куы кастæн, . Уæд уæ фендæй зæрдæ рад. Ныр тæхы фæдисы уадæй Тохы быдыры мæ бæх. Хъуамæ бахизон ызнагæй Æз нæ райгуырæн, нæ зæхх. 0 рæсугъд сырх дидинджытæ, Буц уыдыстут, буц кæддæр. Калдта хур мæныл йæ тынтæ; Амондджын уыдтæн æз дæр. Ныр мæ бæх сымах ыссæнды, Сидзæрхуыз куы у уæ каст,
Мæи уæ бпфхæрып иæ фæиды, Фæлæ ма ракæнут хъаст! Ацы карз хæсты цæхæртæй Знагæн басудздзæн йæ сæр, Æмæ та уæ зæлдаг сæртæй Буц рæвдаудзыстут мæи дæр. 1942 аз. 126
ДЫУУÆ ЦÆССЫДЖЫ Саеууон стъалы тади, ныффæлурс и мæй, Хæствæлладæй кодта æикъард хъæу фынæй. ’ Æхсарджын, лæгдыхæй мах размæ бырстам,— Ызнаджы ыссæстам, ызнаджы сырдтам. * Хæстонты зæрдæты сыгъд масты цæхæр, Ныннæрди дардыл нæ зарæджы хъæр. Уæладзыгæй махмæ æнкъардæй æваст Хъырымæй æрбафтгæ рæсугъд чызг æркаст. Ысуынгæг йæ зæрдæ, йæ цæссыг æркалд; Дыууæ гагайы дзы мæ русыл æрхауд; Дыууæ гагайы мын мæ уадул сыгътой, Дыууæ гагайы мæ нæ уагътой æнцой. Кæд цинæй уыдысты?.. Фырмæстæй куыдта? Кæм сæ хатыд зæрдæ!.. Кæцæй сæ зыдта!.. Ысдзырдтон æз чызгмæ: — Фæуром дæ маст! Цы ’рбаци, мæ къона, дæ худын, дæ хъазт? Дæ цæссыгтæ ма згъал! Цæмæн кæныс мæт? Ыссардзæн фыдызнаг рæхджы бон мæлæт. Дæумæ та ныххуддзæн дæ райгуырæн хъæу, Иæ сæрæй дæм кувдзæн сырхæфсир мæнæу. Дæ хæстон æмбал дæ рæсуг доны цур
Йæ уарзон ныхæстæй рæвдаудзæн, мæ-хур! Кæсдзæн уæм цъæх арвæй цæлхыдзагæй мæй, Фæдзурдзыстут иумæ,— цы федтат зынтæй. Цæй, ма ку, мæ къона, цæй, мауал кæн хъыг! Дæ уадултыл ма згъал дæ судзгæ цæссыг! Дæ цæссыгтæ махæй нæ уыдзысгы рох, Уæззау хæсты карздæр уыдзæни иæ тох!
# ФÆМЫСЫН ÆЗ Кæд тохы бон, мæ хуры тыи, Фæхицæи ыстæм мах,— Цæмæй зоныс, дæ бахудт мып Æхсæв кæй у цырагъ! Зын раны ис Фыдыбæстæ, Ысирвæзт ыл цæхæр. Ныссæтдзыстæм уæззау хæсты Фыдызнагæн йæ сæр. Нæ уарзонад нæ тайдзæни, Нæдæр кæндзæни тар, Нæдæр æй дон фæласдзæни, Нæдæр æй судздзæн арт. Куы рараст дæн нæ рухс хæхтæй, Фæдисы Терк куы тахт, Æрхæндæг æмæ къулсæрæй Дæ цæстысыг æртагъд.
Фæмысын æз дæ уарЗон каст, Цæсты тыбар-тыбур, > Дæ буц пы.хас, лæ судлгæ маст, Мæ ахсджиаг, мæ хур! 1944 аз. 130
МАДЫ ЗÆРДÆ Æхсæв уазæгуцты ’рцыди, Стъалыты йæ фæдыл сайы. Арвыл мæй æрттивгæ стылди, Тар кæмттæн сæ талынг тайы. Дон, гуылфгæнгæ, ссæнды комæй, Куы иыккæрзы, куы ныззары, Згъоры тагъд æхсæвæй, бонæй, Уылæн уылæныл æппары. Хъæу’хуыссы фæсхæст фæлладæн, Нал и, нал, йæ уынгты змæлæг. Тохы хъæр ма хъуысы дардæй, Сау мигъау æрбадти фæздæг. Хъæугæрон ирон хæдзарæй Иу хæстоны хъæрзын хъуысы; Рудзынгыл æм мæйрухс арвæй, Уайсадгæ, сындæг фæхъуызы. Ус, зæронд ус, ис йæ цуры. Бабæтты йын уый йæ цæфтæ, Мадау рынчыныл узæлы Æмæ ’рхæндæгæй куы дзуры: «Уыцы бон дæ знаг йæ разæй Уацары нæмгæ куы тардта,
Скъуыди дур дæр ма дæ мастæн, Зæрдæ ’нцой бынат иæ ардта. Чиудтай ды бæгьæввад къахæй, Дæу сæ иу ысхуыста арцæй, Æмæ рахсыстæ, ныррызтæ, Де знагмæ цæхгæр фæзылдтæ. Æмæ схъæр кодтап: «Цы домут, О цъаммар фашисттæ — ’лгъыстаг! Марут мах, фæлæ йæ зонут,— Тагъд кæй сыскъуыйдзæн уæ мыггаг!» Уайтагъд топпы хъæр фæцыди... Ды æвиппайды æрхаудтай,4 Салд зæхмæ дæ сæр æрхастай, Дурыл, тугкалгæ, пыттыхстæ. Уæд цъыфкъахæй, мидбыл худгæ, Де зиаг ахызти дæ сæрты. Æз, мæ хур, фырмæстæй судзгæ, Ауадтæн дæумæ нæ кæртæй. Ризгæ дыл мæ къухтæ ’руагътон, Сгæрстон дын дæ тугдадзинтæ, Æз дæ сæры цæф ысбастон, ^ Стæй дæ сабыргай нæхимæ Сусæгæй тыххæйты схастон. Иу къуыримæ ницы ’мбæрстай, Ды сæнттæ дæ тæвдæи цагътай, Æмæ хъизæмар æвзæрстон». Цæф хæстон æм сабыр хъуыста, Ус æм кæд дзырдта иронау, Гъе уæддæр æй уый æмбæрста, Хатыд æй зæрдæйæ ’нцоиæй. Тарф рынчын ыстынмæ хъавыд,
Фæлæ нæй... рыстысты зæнгтæ... Цæсгом уайтагъд туджы разылд. Æмæ та æрхауд фæстæмæ. «’Нцад æрхуысс, хъæбул, дæ уатыл!»— Сабыргай йын мад куы загъта. Схæцыд ын уæлдæр йæ базыл, , Рынчын дæр йæхи æруагъта. «Охх, нана»,— сындæг ысдзырдта. Кæд йæ мад йæ цæстыл уайы, Кæд, мыййаг, йæ мад ысхуыдта Уыцы урсдзыкку нанайы, Мадау уацайраджы сæрыл Уд нывондæн чи æрхаста, Æви ’рбалæууыд йæ зæрдыл, Дард цы буц мады ныууагъта.
ЦЪИТИ ’МÆ МÆЙАУ КÆРÆДЗИ РÆВДЫДТАМ Рынчындон. А ’зæр та æрдзыл фæлгæсын: Хæхтыл æрæнцади цъитииы риу. Мæй йæм, æрттивгæ, цъæл арвæй æркæсы. Райгæ, узæлгæ, сæ бæллиц ысиу. Рудзынджы размæ — дыууæ талм бæласы, Бон сыл йæ рухс тынтæ банзæры хур. Дымгæ сын, узгæ, сæ сыфтæртæ фасы, Вæлæстæн хъуысы сæ сыбар-сыбур. Дидинæг дыргъдоны кувы йæ сæрæй, Хъуысы мæлгъæвзагæй цъиутæн сæ зард. Мах дæр, мæ хуры хай, бонæй, æхсæвæй Адджынæй иумæ æрвыстам нæ цард. Цъити ’мæ мæйаук кæрæдзи рæвдыдтам. Ацы бæлæстæ куыд кæнынц сыр-сыр, Афтæ-иу буцæй нæ фæндтæ фæдзырдтам,^ Уарзты узæлдæй уыд зæрдæ фæндыр.
Не знаг нын уыцы цард халынмæ хъавы. Зæрдæ фырмæстæи æхсиды, фыцы. Хур дæр мæ абон, мæ къома, и«с тавы. Зиаджы сæттынмæ та тохмæ тыидзын. Кировобад, госпиталь, 1943 аз. 135
# ÆНÆНОМ ХÆСТОНЫ ЦЫРТ фыдуаг Терк, фынккалгæ, фæйлаугæ, кæм уайы, Бæрзонд хъæз дымгæмæ кæм кæны сыф-сыф, Хæрзконд урс бæрз бæлас уым иунæгæй зайы, Цъæх дары йæ къæбæлдзыг къалиутыл сыф. ’ Иæ фарсмæ ис амад хуымæтæджы дурæй Æнæном хъæбатыр хæстонæн йæ цырт,— Æрцæуы йæм фынйау æд уадындз йæ цурмæ, Æрцæуы æмæ йын æрцæгъды йæ цыт. 4 Иæ ныхас дæр Теркæн кæд ууыл фæхъуысы, Хъæбатыр салдаты куыд айста мæлæт. Кæмдæр та ныййарæг йæ хъæбулы мысы: Цæмæй зопы, ам у йæ дарæг ныгæд. Сæуæхсид куы ссудзы сырх пиллонæй хæхтыл, Фæстаг хатт ма стъалы куы ферттивы дард, Уæд булæмаргъ цыртмæ хъыггæнгæ æртæхы, Хæстон лæджы цытыл фæхъуысы йæ зард. 1945 аз I 136
# ЗЫЛАНГГÆНГÆЙÆ ХЪУЫСТ МÆ ЗАРЫН фыдыбæстæйыл зынг куы судза, Æвгъау уæд макуы скæ дæ цард. Хæсты быдыры — стыр æрдузы Æрттывта, ’хситгæнгæ мæ кард. Мæ саулохаг тыдта йæ’ рохтæ, Фыртæвдæй калд йæ комы фынк, Бырста æппынæдзух дæр тохмæ, Нæ хæцыд зæххыл, сызнæт тынг. Æмæ сæгуытау размæ уади. Иæ сæррæттыл нæ хæцыд цæст. Фыдгулы туг æнæвгъау калди, Цыдис нæ къæхты быи ыссæст. Зыланггæнгæйæ хъуыст мæ зарын, Æз худтæн мидбылты фæлмæн, Ызнаг куы мæцыд туджы малы, Куы ’рцыд йæхи зæххыл дæрæн. 1945 аэ.
~ф- НЫХЛС МÆ БÆХИМÆ фæллад дæ, о мæ бæх, фæллад дæ! Нырма нæ байсысти дæ хид. Мæздæджы быдырты фæуадтæ. Дæ пака фындзæй хъуыст æхситт. Æмæ мæ кард цæхæртæ калдта, Ды та бырстай æмæ бырстай. Дæ къæхты бын ызнаджы надтай, Ды мын мæ зæрды уаг зыдтай. Фæсабыр’ хæст... Пыр уал æрулæф! Цъæх кæрдæгыл дæ фаг фæхиз! Куы ’рбадыма фæздæгджын уддзæф, Куы райхъуыса: «Фæдис! Фæдис!»* Хъæудзæн та знагыл уæд ныббырсын, Йæ туг куыд акæна лæсæчд. Æмæ дын рагацау фæдзæхсын: Куы баййафа тæвднæмыг мæи, Уæд-иу хæххон уадау нæ хъæумæ Фæтæх, дæ къæхтæй зæхх ныххой!
Иæ сых куы ’рбамбырд уой нæ кæртмæ, Уæд-иу сьш ракаш ды мæ коШ II. Байхъус мæм, саулохаг, байхъус дзæбæх! Кæртæй:иу райсомæй хъуысти дæ уаст. Кодтай-иу къахындзæг, хостай-иу зæхх, Ме ’рдæм-иу рудзынгмæ скодтай дæ каст. Саргъ дыл-иу бавæрдтон де ’хтæнгтæ— ’лвæст. Иу ран кæм лæууыдтæ ~ рохтæ тыдтай! Уадау мæ скъæфтай, кæм дыл хæцыд цæст! Комвæзты, хъугæмтты размæ бырстай. Хъазæн рæсугъд фæзы хъазт-иу куы стынг, Фæндыры цагъдмæ-иу кафыдтæ уæд. Риуы-иу зæрдæ куы фестади зынг. Арт уыди зæрдæ, нæ кодта уый мæт! Фæлæ нæ бæстæм, æххормаг сырдау, Хинæй æрбабырста сусæгæй знаг,— Адæмы зæрдæ пæ митæй ныссау,— Тауы нæ зæххыл йæ хъæстæ, йæ марг. Нал дæп хæцынхъом: фæцæф дæи, мæ бæх, Тохы тæмæнмæ æрвитын æз дæу. Тохы быдырты-иу уарийау тæх! Не знаджы ныхмæ-иу фидар фæлæуу!
Уый-иу зæвæтæй, армаццагæй цæв! Уымæи йæ хъустæ дæидагæй ыстои! Размæ-иу барæджы ’нæцудгæ скъæф! Аив дыл баддзæни барджын хæстон. Æмæ куы ’рцæуа нæ фыдгул ыссæст,— Талынг æхсæвау та атайдзæн маст; Цардæй уыдзыстæм рæвдыд æмæ ’фсæст. Кæртæй та хъуысдзæн дæ мыр-мыр, дæ уаст. 140
МÆН ТАВТА ДÆ ЦÆСТЫТЫ РУХС Мах Ерманы фæзы куы симдтам цъæх нæууыл, Мæ зæрдæ уæд байстай мæнæн. Ныр дæр мæ нæ рох кæны, зæрдыл æрлæууы Дæ рæсугъд цæстыты тæмæп. Æз симдтон, Фатъимæт, уæнгтæрогæй дардыл Дæуимæ кæркуасæнты онг. Нæ фæндыры цагъдмæ бæрзонд хох дæр зарыд, Æруагъта нæм бæлас йæ цонг. Куыд хъæлдзæг уыдыстæм, куыд уæзданæй симдтам, Куыд нæм худтис мидбылты мæй. Фæлæ дыи фæраст дæи уыпгæг тохы сидтмæ, Фæхицæн дæи, о хур, дæуæй. Фæцыдысты азтæ. Æз истон ызпагæн Пæ мæстытæ. Алкæм æдзух Мæ хъустыл фæндыры хъæр уади зылангæй, Мæи тавта дæ цæстыты рухс.
’ф БÆГЪАТЫРÆН (Инæлар Цæлыккаты Хъ. иыгæнгæйæ) Куыннæ рисса, куыннæ тона нæ зæрдæ! " ч • Куыннæ судза нæ цæстысыгæй рус! ’Куыннæ ’ркъул уой, куыннæ ’ркъул уой нæ сæртæ, Мæстæлгъæдæй дæ ингæны уæлхъус! Бæлль1дыстæм, цæмæй хæсты быдырæй фæзынай ды Ирыстонмæ фæсхæст. Фæлæ ныр ды дæ сау мæрдон чырынæй Нæй, нал ыстыс, куы нæ ’рттивь! дæ цæст. Бырстай, бырстай Хъырымы хæхты уадау, Æрвнæрæгау дæ тохы хъæр нæрыд. * - Фыдызнаг-иу дæ карды дзæ^стæй -хаудта, Дæ къæхты бын йæ сау туджы мæцыд. Фæлæ æваст уæззау цæфтæй куы стыхстæ, Бæллыдаис дæ Иры фендмæ уæд. Кæд агуырдтай, мыййаг, дæ ’зынг цæстытæй Дæ хæлæртты, дæ буц хоты æппæт. Кæд де ’фсадæн бырсыны дзырд лæвæрдтай, Æмæ иæ дзырд раттын нал бантыст дæуæн.
Дæ бæх та зæхх кæд хоста нДон цæфхæдтæи, Кæд уасыди, кæд нал ардта лæууæи. Нæ рацыд мад, дзыкку тонгæ, дæ размæ, Иæ хъарæджы иæ ракодта дæ кой. Куы иæ лæууыд дæ фыдг нæ цæссыг калгæ, Дæ уæлхъус пыр нæ къæдз лæдзæджы ’нцой. Кæй уарзтай бирæ, уыцы дзыллæ гьеныр Дæ уæлмæрды нырхæндæг и, нынкъард, Зæгъæм ма дын фæстаг хæрзбон, Хъантемыр., Дæ цырты раз хæрæм дæ номæй ард: Нæ судзгæ маст фыдгултæй ист æрцæудзæн. Кæндзыстæм йемæ ’науæрдонæй тох, ’ Æмæ рæхджы йæ сау туджы фæмæцдзæн. Дæу та, герой, нæ фæкæндзыстæм рох.
ПЛЛТЛНЫ БÆЛЛС (Б а л л а дæ) Сау денджыз. Стырсыф платаны бæлас Сусу-бусуйæ куы кæны ныхас. Денджыз дæр райдайы ’хсæвыгон дардæй Зарджытæ зарын платаныл æнкъардæй. Линкоры наудзог платаны хæд бын Сфæнд кодта чызгæн «фæндараст» зæгъын. •Стъалытæ, цыма сæ сæрмæ æруарыд, Денджыз сæ разы æрхæндæгæй зарыд. Хъуыста платан-бæлас: чызгæн æнцад Наудзог куыд дзырдта йæ уарзондзинад. Загъта йьпи «Ам та уæлахизы фæстæ Хъæлдзæгæй иумæ æрвитдзыстæм рæстæг». Фæлæ нæ фæзынд ныфсæвæрды бон: Знаг ын йæ линкор фæкодта дæлдон. Ракодта уыцы цау денджыз платанæн. Загъта платан та уый наудзоджы къа,йæн.
Сау денджыз. Стырсыф платаны бæлас Сусу-бусуйæ куы кæиы иыхас. Депджыз дæр райданы ’хсæвыгон дардæй Зарджытæ зарын платаныл æнкъардæй. Ю Плиты *. Ц5
КОЛХОЗОИ БРИГЛД Колхозон хъугæмттæ худынц, Гауызау — се ’вæрд, сæ коид, 'Фсирджын сырх мæиæутæ кувынц, Дарынц сæ сæртæ бæрзонд. Хур сыл хæрдгæ тынтæй хъазы, Мæнæу — кæрдинаг, фæкъул. Афтæ ма ног чындз ныффасы Уаты пæ дзыккутæ зул. Растдæр фæсахсæвæр иумæ Рараст колхозон бригад. Дзаг ысты цинæй сæ риутæ, Зиуы нæ зонынц фæллад. Арвы рæсугъд тыгъд быдырæн Мæй сæм æрдардта цырагъ; Авналынц дардыл æмгуырæй,— Ахæм æхсæв сын—зынаргъ.
Хæхты æрИыгуылди дзаг мæй, Хуым дæр хæрзæфснайд фæци. Хур та æрбазынди рагъæй, Рухс тыитæ таугæ цыди. 1931 аз/ ’ 147
ЗÆРДÆ НЫРРУХС ВÆЙЙЫ... Рог дымгæ райсомæй, узæлгæ, радымы, Бур-бурид мæнæуты сабыргай фасы. Мæнæ колхозон фæтæн æмæ даргъ хуымы Æфсир, сæр-сæргæнгæ, зæхмæ æртасы. Уылæн, фæйлаугæйæ, уылæны баййафы, Асимынц æфсиртæ хъазты чызджытау. Хур сыл йæ фæлмæн зæлдаг тынтæ рауафы, Нæмгуытæ ’рттивынц сызгъæрин фæрдгуытау. Æфсиртæм бавналын, армæй сæ асæрфыи,— Дысоны ’взист æртæх цадæггай тайы. Мæнæуы уылæнтыл цæст æз куы ахæссын,— Зæрдæ ныррухс вæййы, зад хуымтæй раны.
ф НÆ ФÆЗЗÆГ, НÆ ЗЫМÆГ-ФÆРНЫГ Мэестджын арв хъуынтъызæй йæ цæссыг куы калдта, Тызмæгæй-иу уад дæр тымыгътæ куы хаста, Куы ма-иу æмбæрзта нæ быдырты мит, Зæрин хуры цæст-иу куы ныккаст, куы сыгъта, Уæддæр-иу æмхуызон бæрзонддæр æитыстмæ Куыстуарзаг колхозон колхозоимæ сидт. Фæлдæхта-иу трактор зæрæстон быдыртæ... Рывта сын сæ хæмпæл, æхсæста цъæх хуымтæ, Хæмпус уыди хуымгæид, къуыбар дзы нæ зынд. Æвзаргæ нæмыг дзы ыставд æфсир уагъта, Иæ зæлдаг тынтæй сæ сызгъæрин хур тавта; Нæ мæнæу цъæх депджызау дардыл ныззылд. Колхозоны зæрдæ йæ фæллойæ райы. Цыллæгъуыз мæнæутæ æркæрды, æфсиайы; Цæппузырау хурмæ æрттивы нæмыг... Æгæрон быдыртæй æрластам иæ хортæ, Сырх-сырхид мæнæутæй та седзаг — нæ гонтæ, Пæ фæззæг, иæ зымæг— бæркадджын, фæрныг.
ф ИУУЫЛ СЫЗГЪÆРИН ДÆ... Быдыр, куыд рæсугъд дæ! Быдыр, цæн зад дæ! Иууыл сызгъæрин дæ, Иууыл бæркад дæ. Бур гага зад мæнæу Мæнæ куы фæкъул, Даргъ æмæ ставд æфсир Зæхмæ ныззæбул. Адæмæй базмæлæн - Нал ис дæ риуыл. Дардыл фæдисæттау Авнæлдтой иууыл; Цæвджытæ ферттивынц, Зарынц æхситтæй. Уылæнтау карст мæиæу Афæрсыл уистæй. Дасынц комбайнтæ Лæгъз фæзты хортæ.
Цъупд*агæй машипæ Фæндагыл згъоры. Быдыр, куыд рæсугъд дæ! Быдыр, цæй зад дæ! Иууыл сызгъæрин дæ! Пууыл бæркад дæ! - - ; 151
ЦИУ ЦЫМÆ ÆНÆ ДÆУ ЦЛРД! Ленк фæкæныс, хур, цъæх арвыл, Зæхх ды бандавыс бæстон. Алвисыс дæ тынтæ дардыл, Æмæ худы, райы бон. Цъититæн хъæбыс ныккæныс, Кæмттыл байтауыс дæ хыз. Хæхты цъуппытыл узæлыс, Скалыс быдыртæн сæ хуыз. Дыргъ дæумæ йæхи фæдары, Уый дæуæй вæййы хæрзад. Мыдыбыидз дæр мыд ыссары. Халсарæн ды дæ йæ мад. Æрдз дæ ракастæи æрттивы. Анывæнды зарæг маргъ. Зæхх йæ уыпд дæ тавдæй ивы. Нæй дæуæн дунейыл аргъ,.
ДзыллæТæН ды Дæ сæ бæллиц. Ды сæ цин дæ, ды — сæ зард. Хур, ды амондэен — йæ къæбиц, Циу цымæ æнæ дæу цард! 153
СÆУМÆРЛЙСОМ Сæуæхсид та арвгæрæтты, Тæмæн калгæ, ыссыгъд. Пæ быдырты уæрæх тæрттыл Рæуæг дымгæ æрзылд. Къуыззпттæн зары булæмæргъ, Хъæд рандыдта сæр-сæр, Фæнлауы та нæ бур мæиæу, Æркъул кодта йæ сæр. Нæ хъæубæстæ æмхуызонæй Сæ зад хуымтæм тырнынц, Домбай фæсивæд хъугомæй Сæ зарджытæ кæнынц. Фырцпнæй кафы хъал зæрдæ, Пæ фæндтæ сты рæстмæ, Æмæ ныл базад базыртæ Бæркадхæссæг куыстмæ!
УÆД ÆДЗУХДÆР ЗЛРЫ ÆМÆ ЗЛРЫ... Уый к)ы кусы колхозон дыргъдоны, Хос цъынамæ сагонæ куы ’ппары, Къудзнйæ сæнæфсиртæ куы тоиы, Уæд æдзухдæр зары æмæ зары. Хъуг куы дуцы, кæвдæстæ куы ’фснайы, Ноггуырд родтæн хъарм æхсыр куы дары, Уын куы ’лвнсы, донмæ йс куы уайы, Уæд æдзухдæр зары æмæ зары. Уадз, рæсугъд чызг зарæд æмæ зарæд, Зарæгимæ амондджын уыдзæпи. Зарæгимæ царды цин ыссардзæн, йемæ райгуырд,— йемæ уый цæрдзæни.
ГЫЦЦИМÆ ^ Гыцци, кæд митау сурс дæ сæр, Уæддæр дæ зæрдæ цинæй райы,— Нырма дæ цæстæнгас — цæхæр, Дæ ныфс, дæ бæллиц дæу нæ сайы. Куыннæ уай, куы, ды хъæлдзæг, буц!— Кæд та дын уалдзæг ныр дæ риумæ Рæвдаугæ бауагъта йæ рухс, Æдзух тырныс колхозои зиумæ! Кæд у дæ уарзон фырт геррй, Æмæ уый тохы бои цъæх арвыл Куы тахт, уæд айхъуысти йæ кой Нæ кадджын рухс Цæдисы дардыл. ,Кæнæ дæ чызг, кæс-ма йæм ныр, Зардæрухсæй сырх мæнæу тауы, Йæ фæрцы колхозон быдыр Æрттивгæ дидинæг æфтауы.
Ныр дæрта быдырмæ тыриыс, Дæхи хъазуатонæй æвдисыс. Ыстыр æнтыстытæм бæллыс, Æмбæлттæм ерысæй фæсидыс. 1951 аз. • 157
ДЫУУÆ ЧЫЗДЖЫ ЗАРЫНЦ Мæй та цырагъдарау арвæй æркаст. Хъæугæрон фæсивæд сарæзтой хъазт. Фæндыры тæнтæ ивазы Уардис, Цагъдимæ зары — йæ зæрды цы ис: «Ахæм лæппумæ кæндзынæн æз мой,— Дзыппы кæмæн уа ирæдваг фæллой. Йе ’хситтæй бирæгъ кæмæн лидза дард, Хъазтæй кæмæн хъуыса аив йæ зард. Тъæнджы мæй райсомæй ихын фæзыл Чи хъаза аив йæ саулох бæхыл». Лæппутæ, джихгæнгæ, чызгмæ кæсынц, Æмæ нæ хъал чызгыл худгæ кæнынц. Райста фузæ дæр йæ буц фæндыр тагъд. Диссагæн баззад йæ зарæг, йæ цагъд: Дардыл ивазы йæ фæндыры тæн: «Зæрдæйы ахæм ныххиздзæн мæнæн, Чи уа хъæбатырдæр. Арвы быдыр Чи сгара тымыгъты уарийау ныр. Ахæм мой скæндзынæн, ахæм, мæ бон, Чи-иу рæдыдыл фæкæны фæсм’он, Чи вæййы нозтæй та алкæд сæрхызт.
Кады сырх фæйнæгыл ’чи ’рцæуы фыст. Чи кæна цардимæ размæ æмцыд, Ллкæд дæр хисдæрæп чн дæдта цыт». Лæппутæ, цингæнгæ, чызгмæ кæсынц, Мидбылты худгæ йын арфæ кæнынц. 159
ГЪЕЙ-ДЖИДИ!.. Уарыд... мæйдар æхсæв... Бадтæн цъæх айнæгыл. Иунæг сыбыртт дæр нæ хъуыст. Сау мигъ æрæнцади Сабыр бæрзонд хæхтыл,— Скодта фыдуазал, фыдхъызт. Уазалæй баргъæвстæн, Ме уæнгтæ срызтысты, „Фезмæлын нал уыд мæ бон. Былæй фæцæйхаудтæи. Дур мыл æрцæйтылди. Царæфтыд кодтон бынтон. Нарæг уынгæг комы Дымгæ сырды ниудау Хаста æхсæрдзæны хъæр. Зæрдæ нырхæндæг и, Цæссыг зæрдæбынæй Рустыл нызгъæлдтоп æз дæр.
Бонырдæм сау мигътæ Уайтагъд фæтар ысты. Хур та æркасти дзæбæх.ч Уый мæм йæ рухс тынтæ Худгæ æрнывæзта. Хуры тын фсстади зæхх. Зары æхсæрдзæн дæр, Хурмæ йæ фыичытæ Кодтой тыбар-тыбур дард. Мæргътæ мæ алыварс Кодтой пæррæстытæ, Айхъуысти кæмтты сæ зард. Хъазгæ ’мæ худгæйæ, Хæхтыл ысфардæг дæн, Зæрдæ уыд цииæй æфсæст. «Гъæй-джиди, дунейыл Афтæ куы ракæсид Хуры æрттивгæ зынг цæст!»
РАЙДЗАСТ БОН фæлгæсын æз хохæн йæ цъуппæй, Узæлы уын уахъæз мæныл. Хур арвыл ныххуды нæ худтæй, Йæ рухс тынтæ уафы дæрдтыл. Ныййарæгау æрдзы рæвдауы... Хъæд райхъал, йæ тарф фыи фæлыгъд. Æхсæрдзæн,' фыиккалгæ, фæйлауы, Цъæх апнæг та цинæй ыссыгъд. Бæрзонд хæхтæй цъититæ дарынц Сæ урс риутæ хурмæ бæстон. Къуыззитгæнгæ зымтæ сыл кафыиц, ’ Цæргæстæ ыстæхьщц уæндон. Ныр комы дон уайы, æрттивы, Цъæх кæрдæг ныххуды фæлмæп. Сырх дидии зæронд дарæс ивы, Уый хуримæ калы тæмæн. Æрдзы хуызæй зæрдæ ныррухс и, Æрдзы цинæй йедзаг мæ риу.
Кæм дæ, уæ мæ уарзои, мæ дуно, Æрцу-ма, нæ цин куыд уа иу! Куы фенон дæ фидыцджын уæнгтæ, Куы хъусон дæ’хъæлдзæг чыр-чыр, Уæд тынгдæр æрцæгъддзæн йæ тæнтæ Зæллаигæн мæ хъисын фæндыр. 163
• НОГ БАРÆГ Къаннæг хъæу хох рæбын баныгъуылд, Донæн — йæ сæр-сæрæй арауы ком. Райдзаст хур айнæгæй аныгуылд, Фыййæуттæ ’рыскъæрдтой хизæнтæй хъом. Саулох, быидар фæуа, ’хситгæигæ, Сыскъæфта уариау хъæууынгты мæн. Сау сынты базыртау, ’рттивгæйæ, Хъпл барц ныппух и мæ уайаг бæхæи. Къæйтыл æнæцудгæ батæхы, Афтæ ма уайы лæгъз адгуыты саг. Барæг нæ уромы сау бæхы, Фесхъиуы, домы уый размæ фæидаг. Цух æй нæ уадзы йæ хъал барæг, Хор æмæ хосæй хаст, сапонæй над. Бонæй, æхсæвæй йæ бардарæг Дардта йын й ’астæрд, йæ кæвдæс æфснайд. Ие згъордыл цæстытæ иал хæцынц, Къæйтыл нæ цæфхæдтæ калыиц цæхæр.
лид æмæ комы фынк акæлыиц; Авæры барæджы риуыл лæ сæр. Устытæй, урс боцъо зæрæдтæй Уæлувад байдзаг и — скæнынц мыл дис. Сабитæ уадысты хæдзæрттæй Худистæй, ронбæгъдæй ме ’рдæм фæдис. Уайтагъд нанайы чызг рудзынгæй Стъалыгъуыз цæстытæй ракаст бынмæ. Дзыккутæ сфæйлауы сур дымгæ, Цæсгом ныррухс æмæ худти мæнмæ. Нал тасыд йе ’взаг ысдзурынмæ: Фестади/зæрдæ йæ риуы цæхæр. «Лкæс, æрцыди мæн курынмæ;>.. — Айдзаг и хъуыдытæй уайтагъд йæ сæр. Райста йæ фæидыр, æрцæгъды дзы, Йе ’нгуылдзтæй ракæны алгъуызои цагъд. Саулохаг кафы сæ хъæууынджы, Йа-мардзæ, нал хæцы зæххыл йæ къах. Сауæрфыг, сауцæст, мæ царды.хай, Мæнæ хæстон дуджы хъомыл кæнын. Сахуыр дæн, арæхсын цадæггай Топпæй уæд, кард æмæ зондæй хæцын. Ма тæрс, мæ хуры хай, раджыйау, Бирæгъ мæ ма ’гъгъæл, нæ лæбурын, нæ.
Рауай, хæстон дуджы байрæзай, Иумæ нын тохы бон басæттæн нæй. Сабыр, къæмдзæстыг фæлурсдзастæй, Мæйæн æрттивгæ дъæх арвыл йæ балц. Скъæфы нæ саулох йæ буц кафтæй, Мемæ мæ хæстон, мæ зыиаргъ æмбал. 1934 аз. т
0 1 Æнафон... Мæй худы, тæмæнтæ куы калы... Хæрдгæ быдау тауы уый зæхмæ йæ тын, йæ хæдфарсмæ разынди ’рттивгæ ыстъалы, Уый Боивæрнон кодта йæхимæ кæсын. Иæ цъæхснаг хъæлæсæй иыууасыди уасæг, Æнæрынцой тоймон ныууасы æнкъард. Уæтæрæй нæ хъуысы фыййауæн йæ зарæг, Уынгæг комæй райдыдта дон дæр йæ зард. Мæ хуыссæг фæлыгъди, кæм ма цæуы ’мгæрон, Мæ зæрдæ мæ риуы нæ ары æнцой. Куы зопин, мæ уарзои, дæуæи æз дæ фæидон,—■ Æдзух уæд нæ мысин, нæ кæнин дæ кой. Æрттивгæ мæйр’ухсмæ мæ цæстытыл уайынц Дæ цæхæр цæстытæ, дæ райдзаст цæсгом. Æрттивгæ мæйрухсмæ æргтывтытæ калынц Дæ къæлæт æрфгуытæ, дæ дари хæдон. N 167
Цыма дыи фæхъусын дæ худьш, дæ кæл-кæл, Дæ сабыр улæфын, ^æ сусæг ныхас. Дæ сурæт уыпгæйæ, фæдæн æз фыдæихъæл, Дæумæ у бынтондæр мæ цæстыты ’нгас. 168
ÆРЦУ, ДÆ УЫНДМÆ ТЫНГ БÆЛЛЫН Тæгæры сыф кæны зæу-зæу, Нывæфтыд гауызтæ мæ разы, Иæ сæрæй кувы зад мæнæу; Рæсугъд уый ирдгæ дауы, фасы; Ныххуды мæм цъæх-цъæхид иæуу. Мæ дидинæг, мæ царды хай, Кæм дæ, æнхъæлмæ дæм куы кæсын! Фæзын, фæзын, мæ уарзон къай, Зыдæй дæ уындмæ æз куы бæллын, Цæрдæг мæ цурмæ тагъддæр уай! Фыцы, фæйлауы ныр нæ цард, Нæ рухс бæстæйы уый æхсиды, Æмæ узæлгæ хъуысы зард. Нæ бæстыл дард соцерыс сиды, Иæ цинад риуы фесты арт. Æрцу, мæ уарзон, тагъд фæзын: Иыззары дои, цъæх кæрдæг худы,
Хаессы мæм.æрдз бæллиццаг хуын, Сыфтæртæ ф'\г рæвдауынц уды. Æрцу, дæ уынддоæ тьщг бæллыц! 170
ÆЗ КÆМ УОН, КÆМ ЦÆУОН... Æ3 кæм уон, кæм цæуон, Уым куыд уай мæ цуры, Æмæ дæ куыд уынон, Уымæ дын тырнын. Стъалытæм куы скæсын — Хипымæр фæдзурын: «Æз дæ сау цæстытæ Стъалыты уыныи...» Донбылты куы-хæтын Райгуырæн хæхбæсты,— Доны зарды хъусын Де ’хсызгон хъæлæс, Зæрдæйыл æмбæлынц Хъарм фæлмæн ныхæстæ, Хъарм фæлмæн ныхæсты Амонд арын æз.х Фыны дæ куы фенын, Уæд вæййын хъæбатыр: Сусæггаг бæллицтæ
РадзурЬШ дæуæн... Фæлæ дын дæхицæн Æз дæ фæнд нæ хатып... Фыны дæр дæ хонын Зæрдæйы лæууæн. Фехъал вæййын, гъемæ Судзгæ уарзонадыл Сагъæстæ фыссынмæ Нал вæййын уæндон, Цæй, цы йæ æмбæхсон! Нал дæн, нал, мæ адыл... Ау, мæ сæнттæ зонын Нæу дæуæн дæ бои? Æз кæм уои, кæм цæуон, Уым куыд уай мæ цуры, Æмæ дæ куыд уынон, , Уымæ дын тырнын. Стъалытæм куы скæсын - Хинымæр фæдзурын: «Æз дæ сау цæстытæ Стъалыты уынын...»
РОМАНС Ракæс, де ’рттиваг цæстытæй, Уæ мæ уарзон, уæ мæ къап. Зæрдæ ’взонг риуьг дæ уындæй Кафы, о рæсугьд чызгай! Лрвæй калы хур цæхæртæ, Тауы рухс тьштæ уæрæх. Хурмæ бæлæсты сыфтæртæ Хъазынц се’ртæхтæй дзæбæх. Ирдгæ зад кæрдæгæй хъазы, Мæргътæи хъæлдзæг у сæ зард. Худы дидинæг мæ разы, Дидииау рæсугъд — иæ цард. Ныр дæуæи, мæ зæрдæдарæн, Æз мæ уарзт, мæ цнн дæттын. Снстон дæу мæ царды ’мбалæн, Уæ, дæ уындмæ тынг бæллын. \
Ракæс-ра, мæ цард, мæ бæлоп, Цæй, зынг ^цæстытæй цæрдæг! Хъазгæ, худгæ дыл æмбæлон.. Рауан-ра, мæ боп, хæстæг! 174
$ * ф Сау æхсæв тарф фынтæй Зæрдæ нырхæндæг ис, Нал у æппындæр мæ бон. Уарзон, дæу мысгæйæ, Зæрдæ куы сдзæгъæл нс, Æмæ нæ зонын, цы уон! Адджын, рæсугъд нывтæ Уайынц мæ цæстытыл, Семæ куы суынын æз дæу. Сайаг цæстæнгасæй Схæцыс ды де ’рфгуытыл, «Багъæц уал, багъæц, фæлæуу!»— Цыма фæзæгъыс ды, Æмæ мæ зæрдæйæн Циндзинад нæй, мæ хур, нæй. Де ’лхынцъ æрфгуытæй æз Нал дæн лæджы хуызæн, ’Æмæ цы бакæнон, цæй! Мидбылты ’нæ хинæй Ме ’рдæм куы бахудыс— Буц вæнйы зæрдæ дæуæй.
Уазал къæвда бон мыл Уайтагъд куы схур вæййы Иунæг дæ худæндзæстæй. 1937 аз. т
• ДÆУЫЛ ФЕМБÆЛГÆЙÆ (3 а р æ г) Æз-иу куы фембæлын дæуыл, Уæд сагъæс, сау сагъæс мæныл Цымæ цы атыхсы? Цæмæн? Мæ бон нæу уый хатын мæнæн. Дæуыл куы фембæлын æваст, Уæд-иу мæ цæстытæн сæ каст, Цымæ цæмæн вæййы уæндон? Мæнæн нæу уый хатын мæ бон. Æз-иу куы фембæлын дæуыл, Цы хур уæд ракæсы мæныл, Куыд тагъд мыл аивгъуыйы бон, Мæнæн нæу уый хатын мæ бон. Дæуыл куы фембæлын æваст, Мæнæн уæд атайы мæ маст, Мæ цииæн нал вæййы кæрон. Цæмæн, нæу уый хатын мæ бон. 12 Плшы X. 177
Дæуыл куы фембæлын; уæд-иу Цæмæн ысуадзы арт мæ риу? Куыд у дæ зæрдæйы фæидон, Мæчæн нæу уыи хатын цзе бои! 178
ÆЗ ХУРЫ ТЫН ФЕДТОН ЙÆ ЦÆСТЫТЫ ’НГАСЫ фæхъуызынц къуымбилгъыз цъæх мигътæ, Сæ астæу æрныгъуылди, бафынæГг мæй. Дон уаны,^ йæ уылæнтæ нвгæ, Иæ зарджытæ комæй фæтæхынц фæрнæй. Пæма кодта уасæг фыццаг уаст, Фæлыгъдтæн æз донбылмæ хъазтæй тæрган, Фæлыгъдтæн... Фæлæ мæм æрбараст, Иæ мидбылты худгæ, мæ уарзон чызгай. Иæ буц сæр мæ риуыл æруагъта. Сæрфта мын, узæлгæ, мæ рустæ фæшмæн. Ыстæй мын рæвдаугæйæ загъта: «Та?ргæйттæ-ма ма кæн, тæргæйттæ, дæу дæи». Æз чызджы фæлмæн æнгас ахсын, Мæ зæрдæ мын судзы йæ уарзон ныхас. Æз хуры тын федтон йæ цæстрлты ’нгасыл, Ныр уыцы хуры тын мæ1 риумæ ныккаст. Нар, 1936 аз.
ф КÆДМÆ МА ÆМБÆХСÆМ?.. фæвæййын фыдæхсæв, Фæсудзын æз артау, Æгъатыр цæмæн дæ, цæмæн?.. 4 Куы нæ мæм ысдзурыс, Куы азилыс дардыл, Уæд хур дæр нæ фæтапы мæи. Бæргæ дыл æдзухдæр Фырбуцæн уызæлин. Æрцу-ма, дæ къух-ма мæм ратт! Фæкæс мæм, цæмæй дын Дæ арвгъуыз цæстыты Æз фенон дæ уарзондзинад. Цæмæн ма æмбæхсæм Нæ судзгæ зæрдæты Æиæхуысгæ арты цæхæр, Иæ рæсугъд хъуыдытæ, Пæ бæллиццаг фæндтæ Куы раргом уыдзысты уæддæр?
# ЦÆЙ-МА, КАЦУ! Цæй-ма, рацу, уæ мæ рæсугъд уарзон, Фенæм мах, куыд хъазы хохаг суадон. Каес, æрттивы ’взистау мæйы рухсмæ, Уый сæр-сæргæнгæ цæудзæн æнусмæ. Афтæ хъаз ды дæр дæ царды цииæй, Худæд дидинæг дæ фæлмæн риуæй; Калæнт тынг дæ цæстытæ тæмæнтæ, Рæвдз æрцæгъд дæ фæндырæн йæ тæнтæ. Уадз, дæ цæгъдтытæм нæ зад мæнæутæ Рухс быдырты ’ркъул кæной сæ сæртæ. Рацу, ра, мæ хур, мæ зæрдæдарæн, Ам иæ рæсугъд царды цинæй зарæм.
СИМÆН ФÆЗЫ фæндыр цагъта, Бацыд хъазт нæ тæмæиы. Кафыдыстæм Цъæх нæууæн йæ фæлмæныл. Хъазты дæу Мæ цæстæнгасæй агуырдтон, , Уалынмæ дæ, Симгæ-симын ауыдтон. Сусæгæй дæм Хъал цæстытæ базылдтои, Æз цы уыдтæн, Уый дæр, мæ бон, иал зыдтон. Лвд хуры мæм Лрвæй цыма ракасти. Кæд мæ рæзты Лрвырдынтæ арасти? Мæйтæ дæр ма Худтысты да) уадултæй.
О, тæхуды, Чи бафсаЕст дæ бахудтæй! Гъей-джиди, Дæ хъал сæгуыты кæстытæй Чи иæ исдзæн Фпдæиы нæ цæстытæ! I 183
РОМЛНС Уалæ арвыл хъазаг мæй, Буц мæ зæрдæ у дæуæй! Тауыс мын мæ базыл тын,— Уый — дæ лæвар, уый — дæ хуын. О, цы ’хсызгон у дæ цин, Ды куы сдæ мæнæн æхсин — Ахсы цæст дæ рухсмæ ’ргом Хъал чызгæн йæ уæнгты конд. Де ’рттивынмæ, куыд фæрдыг Февзæрд сауцæст, сауæрфыг. Буц дзыккутæ — аив фаст, Стъалы афтæ ’рттивы раст. Мæй, æхсæвы фидыц, мæй, Симыс рухс арвыл фæрнæй; Курын, курын æз дæуæй: Сабыр, ленккæнгæ, фæйлау, Фаг дæ фæлмæн тынтæ тау,— Кæд мæ цæстытыл æдзух Уаид сауæрфыг рæсугъд.
МЛ МÆМ ЫСДЗУРÆД: «ХÆРЗБОН!..» Бакодтон рудзынг. Фæндырæй цæгъдын. Комкоммæ махырдæм барæг фæраст. Уый цымæ чи уа! Хъуыдытæ кæнын, Мæнæ и барæг, Нæ рудзынгмæ скаст. Базыдтон барæджы, Дистыл фæдæн. Хурыл нæ баивин уымæн йæ уынд. Рагæй мæ рухс сæнтты чи уыд мæнæн, Уый мæм æнæнхъæлæй абон фæзынд. Ахст цъиуау зæрдæ мæ риуы тæлфы. Фæндыр æрхауди мæ къухтæй æваст. Арвырон кæд у, мыййаг, кæнæ фын. Раст цыма ’рцыдысты ме уæнгтæ баст... Оххай, мæ зонд ныр куы кæны дзæгъæл! Уæладзыгæй йæм куыд агæпп кæнон?..
Уарзоиы фенын кæм уыдтæи æихъæл! А\а мæм ысдзурæд: «Хæрзбои у, хæрзбои!» 186
• чызджы хъынцъым Саразын мæ цæстæигас нæ хæхтæм, .Фæлæ дард дæ, Дардмæ дæ нæ уынын. Дзуджы разæй разынынц дæ сæгътæ, Цæй, цы кæнон! Æз дæумæ фæтыриын. Æз мæ иартхор ерысæн фæрувын Арв куы ’рбахгæныиц мылазон мнгътæ, Уæд тыхстæй мæхннымæр фæдзурын: «О, куы уаид хьгзт мæ къоиа ихæй!» Мигъы къæм фæзынди ныр мæ сæрмæ. Мæн фæнды: ^ Дæ сæрмæ уын куы уаид! (Æз дæуыл куы нæ хъæцын къæсæрмæ),— Аууон дæм кæд ацы тæвды дарид. Æз «тæхуды» айнæгмæ фæкæнын,— Уый дын кæд дæ зарджытæм фæхъусы. Æз «тæхуды» дымгæмæ фæкæнын, Кæд мæ кой фæцæгъды уый дæ хъусы.
Æз бæллын æхсæрдзæнтæн сæ фендмæ, Æз фæбæллын суадæтты хæл-хæлмæ, Чи фæдзуры ’хсæвæй, бонæй семæ? Чи хъусы дæ зардмæ бон-изæрмæ? Охх, кæд уыдзæн рухс фæззæг, Кæд уыдзæи! ’ Раскъæрис уæд дс стыр дзуг Хъызлармæ. Æз да> размæ, цингæнгæ, цæудзынæн. Сусæгæй дыи хъусдзынæн дæ зардмæ. 188 I
ССИВÆНТЫ Сахъ лæппуйыл хъуамæ зæрдæ ма сивон, Уадз æмæ та мæ ныббуц уа. Цæй æмæ йын йе ссивинаг ассивон,— Ма баруайа, ма ныххус уа. Ассивон æй ме ’мбæлттимæ рагацау Хъазуатои куысты тæмæны. Иу хал дæр дзы ма ныууадзон, абабау. Бур цыллæйау хос фæлмæн у. Равзарои фæсалгæрдæг бæндæйнæгтæн. Хос цы диссаджы тæф уадзы! Сахъ лæппу та адаста цъæх фæтæнтæ, Ныр йæ фæллад дæр нæ уадзы. Абадон уал, цæй, йæ фарсмæ суадонæи, Акæион ныхæстæ йемæ. Уаид кæд æхсызгон уый мæ уарзонæн. Уый-иу ам бæллыд мæ фендмæ.
ДЫ МÆМ РÆСУГЪДДÆРÆЙ ЗЫНЫС . • Сæуæхсид арвгæрæтты ссыгъд. Æртæх та кæрдæгыл ысхуды. Мæ фæллад цадæггай фæлыгъд Рæвдауынц æрдзы нывтæ уды. Къуымбнлау фæлм у комыл тыгъд. Цъæх-цъæхидæй æрттивы нæуу. Уый — æрдзы гауызтæ мæ разы. Дæрдтыл æмвæтæнæй мæнæу Фæйлауы, рог уддзæф дзы хъазы. Кæпынц йæ æфсиртæ зæу-зæу. Фæтын’гдæр хъал дæтты сæр-сæр, Дари тын рагъæй хур æлвисы, Дæ цæст сæ нал исыс ды дæр. Мыййаг, кæд бацыдтæ ныр дисы, Сæ цинæй разылди дæ сæр! Ды мæм рæсугъддæрæй зыныс. Бæстыл хуыздæр цы ис æмбалæй!
Мæнмæ. ды стъалыиау кæсыс. Дæ узæлд зæрдæиыл æмбæлы. Ды мæм рæсугъддæрæи зыиыс. 191
Цы ма зæгъои, мæ хуры тыи! Мæ еæнтты Æнусмæ дæр нæй рохгæнæн дæуæн. Дæ рухс сурæт æнæхуыссæг æхсæвты . Куы баззади мæ зæрдæйы мæтæн. Лæварæн мын цы рæсугъд уарди радтай,- Цæмæн баруад, мæ зæрдæйы фæрдыг? Æви зыдта мæ сагъæстæ, мæ катай, Æмæ мæ хъыгыл кодта уьщ дæр хъыг? 192
# МЫЙЙАГ, КУЫ НАЛ ФЕМБÆЛÆМ СОМ Цъæх-цъæхид арвы риуæй хур Тæмæнтæ калдта æмæ худт. Хæрдгæтæй æрдзыл уæфта тын, Æмæ та боны хъазт ыстынг. Æфцæджы сæрты уыд мæ балц, Идоиæй, саргъæй—рæвдз мæ бæх; Хæххон ирдгæ дымдта дзæбæх, Ыыппыхцыл саулохæн йæ барц. Хæл-хæлгæнгæйæ суадон тахт, Иæ цуры иу рæсугъд чызг бадт. Иæ уындæй не ’фсæсти мæ цæст. «Тæхуды,— загътон,-—уымæ кæс!» Фæурæдтон мæ бæх æз ам... Æмæ йын радтон, ра, салам. Фæджих и чызг æмæ ныхъхъус. Йæ уындæй соит зæрдæ иыррухс. «Наиайы чызг, нанайы хур, Мæ ком фырдойныйæ ныссур. 13 Плиты х. ч 193 *
Уæлбæхмæ ма мын авæр дон, /Емæ мæ балцы кой кæнон!» Чызг мидбыл бахудти фæлмæн, Стæй залмысыфæй систа дон: Иæ рард куыд адджын уыд мæнæн,— Цыма æвдадзы хос нызтон. Уæд ме ’взаг нал арæхст куыддæр, — Цæй, д’ амонд хорз, хæрзбон, хæрзбон! — Рæсугъд фæндæгтыл цу, бæлццон!— Æмæ æркъул кодта йæ сæр. Мæ бæхмæ бавзыстон æваст,— Æмæ сæгуытау уади тагъд, Йæ хид йæ уæнтæй зæхмæ тагъд. Мæ фæстæ чызг æдзынæг каст. Бæргæ ма йæм мæ къух тылдтон, Фæлæ мæхинымæр дзырдтон: «Цæмæн ыи загътон æз хæрзбон»?— Мыййаг, куы нал сæмбæлæм сом.
КУЫ МЫН РЛТТИС ДÆ ЗÆРДÆ Æппæт уынгтæй фылдæр æз уарзыи Нæ хъæуы иу хуымæтæг уынг. Цыма йæм хур рæсугъддæр хъазы, Цыма фæтавы ’рмæст уый тынг. Ис уыцы нарæг уыиджы фарсмæ Гыццыл ныллæггомау хæдзар. Иæ рудзгуытæн сæ тæккæ размæ Ныззылди стыр< тулдз бæлас дард. Сæ кæрæдзийæн уарзопадыл Кæнынц йæ сыфтæртæ ныхас. Куы хаттæй-хатт фæвæййынц батыл, Сыбар-сыбурæй у сæ хъазт. Цымæ кæд фæбаддзыстæм иумæ Уæ тулдзы бын, мæ къона, кæд! Кæд бахиздзæни цин мæ риумæ, Æмæ кæд уыдзыстæм æмвæнд!
Дæ фæлмæи зæрдæ мын лæварæи Куы раттис, м’ ахсджиаг, мæ бои, Кæм уаид,' кæм, мæ зæрдæдарæн, Кæрон мæ цинæн уæд, кæрон! 196
ЛЕУАХИЙЫ БЫЛЫЛ Арв та сæгъы цæстау барухс, ныйирд. Хуры фæлмæн тынтæн хæхтыл — сæ сирд Цъититы рустæн та батæ кæнынц. Мидбылты худы сывæллонау рындз. Леуахи уайы, иыккæны чыр-чыр. Не ’ицайы булæмаргъ зарынæй ныр. Ахсы рæсугъд зæлтæ, ахсы мæ хъус. Зæрдæ фырцинæй мæ ри>ы ныррухс. Сыфтæрты рог дымгæ фасы фæрсмæ. Бæрз бæлас тилы йæ цæнгтæ мæнмæ,— Урсдзыкку Леуахи, ме схæссæг мад, Бадын дæ былыл хъуыдыгæнгæ ’нцад. Дзау, 1938 аз.
УÆДÆ МÆ ЦÆСТЫРУХС КÆМ И? Ыстылди арвыл мæй бæрзонд, Налхъуыт-налмасау бæстæ ’рттивы; Пырх калгæ, дуртыл уайы дон. Æхсæв#н æрдз йæ цæсгом ивы,— Фæлæ хæстæг нæма у бон. Цъæх арвыл симæг мæй, æркæс,— Ды ахсæв ма сцух у дæ хъазтæй, Мæ хъыгзæрдæмæ дæр ныккæс! Уæ, хъал дои, ма банцай дæ зардæп! Кæниод æнкъард кæндзынæп æз. Æндæр кæмæн зæгъон мæ рис! Мæнмæ мæ хуры хай куы нæ ’рцыд, Кæд искæй дзырдтæй сайд фæци, Æви мæ мæтæй кæд фæлмæцы... Уæдæ мæ цæсты рухс кæм и?
ф Æрттивы мæй, цæхæртæ калы; Ныххудынц хæхтæ, хъазы дон. Цъæх арвы риуыл симы стъалы; Рæсугъд æрдзыл — æвзист хæдон. Мæ буц фæрдыг,— мæ хур, цы фæдæ, Дæ уарзонад цы ’рбаци ныр?! Фæрыст дæ фæстæ тынг мæ зæрдæ; Ныр’ та уый фестади фæндыр. Фæрнæй йæхицæн стъалы симæд; Уадз, хъазгæ уайæд дон зыдæй;, Æвзистау хæхтæ дæр æрттивæнт, Рæсугъдæй худæд арвыл мæй; Ныккæсдзæи та мæм искуы стъалы, Иæ мидбыл худгæ, уæ мæ бон! Æз та уæд сау рæсугъд æмбалы, Мæ удау уарздзынæн, уый зон!
мысын Уæ бабын уай зæрдæйы низ, Куыд дисс’аг у дæ маст. Дæ уарзоиыл куы фембæлис,— Фæдзурис ын дæ хъаст. Фæлæ цы кæпай, цы, мæ хур,— Дæ рæсугъд баззад дард. Дæ разы ис егъау цæлхдур, Æмæ дыл бон ныттар. Кавказы райдзаст урс хæхтæй Ызгъоры Тёрк-дон тагъд. Кæйдæр тыххæй тæвд æртæхтæй Кæйдæр цæссыг фæтагъд. Уæ, рахауай, мæ рахиз цæст, Ды азымджын куы дæ. Мæты, хъынцъымы аирвæзт Дæ аххосæй зæрдæ. Æз мысын, мысын сауæрфыг, ■ Цæсты тыбар-тыбур.
Мæ зæрдæпæ ды нал хизыс, Мæ царды иыфс, мæ хур. Кæйдæр фыддзых, кæйдæр пыхас Дæу атыдта мæнæй. Дæ бахудыи, дæ цæстæигас, Кæй рæвдауыпц ныр, кæп? Уæ, амæлай, зæронд æгъдау, Уæ, бансæфай бынтон! Ныргæвдын дæ хъæуы сырдау, Кæннод дын нæй кæрон. Куы уарзтам мах кæрæдзийы, Куы радыстæм æдзух, Уæд зæрдæ иыр цы рæсины? Куы дæн дæ цинæй цух. Ныр мысдзынæ, æвæццæгæн, Нæ хъарм, фæлмæн ныхас, Мæй худгæйæ нæ хæд сæрмæ Иæ цалхы дзаг куыд каст. Рæсугъд дуне куыд æрттывта, Йæ хъазтæй — мах æфсæст, Куыд бауарзта, куыд рæвдыдта Нæ цинады хъæлæс. Фæндараст ныр, нанайы чызг,— Цæй, хорз амоид фæхæсс. Æз та бæрзонддæр сисдзынæн Мæ лирæйы хъæлæс. Мæскуы, 1934 аз.
МÆ СЛУЛОХЛГ М« саулохаг, мæ уарзон бæх, Мæ уды йас куы уарзын дæу; Æгас хъугом — дæ куыстгонд зæхх, Æрзад дзы, хъазы бур мæнæу. Абырæгæн йæ дæрзæг къух Дæ барцыл уыд æлхъывдæй хæст; Кæм ма-иу дæ уæд ахста цæст, Мæйдары кодтан кæмтты дугъ! Кæмдæрты саудалынг ыскъæт Уыди дæ уæйгæнæн бынат. Æййæфтай бирæ ’фхæрд, фæллад, Фæлæ кæй ^уыди, кæй, дæ мæт?1 Дæуыл ма барæг знон дæр уад Минæтмæ скъæфынмæ цæрдæг. Дæ фæстæ топпы сау фæздæг Уæд тар мигъау бынтон иыббадт. Мæгуырæй бахъомыл Минæт, Æфтыдта уый сырх дидинæг.
Мæйрухс æхсæвты хъуыст йæ зард, Æппæт куыстытæм арт уыд, арт. Р1æ цæстыты цырæгьтæ сыгъд; йæ фæзылд, раст хæххон сæгуыт. Цыллæ дзыккутæ —- мигъау пух, Æрттивгæ мæйау — цæсгом рухс. Ныр ын тыхæй ныккæны пъа Зæронд барæг сæтой былтæй. Куыннæ уа барæг хъал ныр та? Рæсугъды раскъæфта тыхæй. Минæты сау цæстытæй уад Фæлмæн сырх уадултыл цæссыг, Æрттывта уый, цыма фæрдыг, Æмæ æнæвгъау зæхмæ калд. Дæ бæх дæ скъæфта куыд сычъи, Æмæ дæ ’ййафæг чи уыд, чи? Кæм ын æмбæрстай, кæ, йæ маст?! Иæ фæсарц чызг уыд фидар баст. Уый тар дуг уыд, мæлинаг дуг, Ныссæфт, нæ къæхты бын ныммур; Сызгъæрииæй ныл ракаст хур, Цæхæртæ калынц ’хсырф, дзæбуг. Мæ бæх, иæ хонын дæу «хайуан»,— Ныр дæ мæ тохы ныфс, æмбал. Бæстон дæ зылд, æфснайд дæ ран, Нæ дуджы бонты хъал дæ, хъал.
Мæ саулох бæх, колхозон бæх, Æидоп игæфхæдтæй сау’зæхх хон, Фыдгултæ, уадз, мæстæй мæлой, Дæуæн дæ фæидаг — раст, уæрæх.
\ ’ - . г Бæрзоид ыстылди мæй, бæрзонд, Налхъуыт-налмаса’у зæхх æрттивы; Пырхкалгæ згъоры дуртыл дон. Иæ цæсгом æрдз сы’ндæггай ивы,— Хæрзæхсæв загъта ’хсæвæн бон. Ыæзы бæласы бын уыдж Ыæ сымбæлæн, нæ бынат махæн; Ныр мыл бынтон куы бафтыд дис: Цæмæн у афтид уарзон бадæн! Нæ хатыс усгурæн йæ рис! Уæ худгæ мæй, æрттивгæ ’ркæс! Ды ма сцух у дæ симд, дæ хъазтæй! Мæ чызгыл кæд ысхæцид цæст! ч Уæ хъал дои, сабыр ма! Дæ зардæн 1То° хъуысы уарзоны хъæлæс!
Уæ мæ царды хай, Сау рæсугъд чызгай, Сты дæ цæстытæ Хъазгæ стъалытæ! Цæй-ма, ракафæм Нæууыл, цъæх нæууыл, Кæд дæ уарзонад Тагъддæр базонин! Хуры рухс тынтæ Худгæ ’ркастысты; Мах куы батавтой, Уæ мæ буц фæрдыг! Хæхтæй, цъититæй Ирдгæ расимы, Уыи цъæх кæрдæгыл Фаг фа*цин кæны. Хъалзæиг дидинæг Узгæ рарттивы, Уый йæ буц сыфтæп Махæи акувы.
Рацу, ра, мæ хур, Иæумæ, цъæх нæумæ, Кæд дæ уарзоиад Тагъддæр базонии! 207
КУЫ РЛФТЛУЫ ДИДИНÆГ РОЗÆ Куы рафтауы дидинæг розæ, Куы ’рцæуы сырх макæн йæ рад, ■ Фæмысын дæ гъеуæд, фæмысын, Фæмысын нæ уарзондзинад. Уæд мах ма æрыгон уыдыстæм, Нæ фарсмæ нæ куыроны раз Изæрты æмбæлдыстæм сæрды. Ныхæстæ-иу цас кодтам, цас! Æз розæ фыццаг хатт куы ’ртыдтон, Дæуæн æй уæд радтон, дæуæн! «0| макуы мæ ферох кæи!» — загътон. Ды бахудтæ мидбыл фæлмæн. Ды дæр мын дæ къухмæрзæн гъеуæд Куы радтай хæларæй, мæ бон. Фæдзæхстай, цæмæй йæ дæ иомыл Цæрæнбонтæм дарæг куыд уоп. Дæ лæвæр дын бавæрдтон хорзæй. Дæ сурæт нæ ферох мæнæй.
Цы бацн дæуæн та дæ розæ? Дæумæ иыр мæ кой цымæ иæп? Кæд афон’мæ баруади розæ, Иæ дидинæг азгъæлд, мыййаг, Кæд ферох дæн йемæ æнусмæ, Кæд сивтап дæ зæрдæны уаг! П Плиты >^ 209
ФИЛЛКÆТЫ БÆСТЫ МАХ АГУЫРДТАМ АМОНД Мах иухатт сæумæрайсом хъæдмæ цыдыстæй, Изæрмæ фæуын дзы уыдыстæм æнхъæл. / Фиалкæтыл къутæрты ’хсæнты зылдыстæм. / Зæрдæскъæфтæй фестæм мах уаптагъд дза/гъæл. Кæрæдзимæ сиу кодтон н’ армы тъæпæнтæ, Мæ былтæм сæ схастон, хъæр кодтон: «Ау-у!» Ныццарыдта тар хъæд дæр уайтагъд йæ зæлтæй Фæстæмæ мын чызг дæр дзуапп радта: «Ау-у!» Фиалкæты бæсты æз агурдтон амонд. Цы ран уыд дæ зæрдæйы сусæг дæгъæл? Бæргæ ма, бæргæ ма фæмысын æз абон; Дæ рæвдыд ныхæстæ, дæ худты кæл-кæл.
ф КÆЙ ХОРЗ ЧЫНДЗ УМДЗÆНИ?.. Уæвгæйæ, цы къухтæ ис уымæн, цы къухтæ! Цы мимæ бавнала, кæны уый рæсугъдтæ. Куы уафа зæлдагæй уый гауыз атласыл, Уæд дзы цыма дидинæг, арвырон хъазы. Уый уазæг куы ’рхоны — йæ фынг у бæркадджыл. Хæмпус у йæ кæрдзын, йæ хæринаг — адджын. Хæрз сыгъдæг — сæ сара, сæ уынгтæ, сæ уæттæ. Сæ кæрт у хæрз æфснайд, ныббуц вæййы зæрдæ’. Цы къухты хицау у, цы,— нæй сын фæллайæн. Гъе, усгур дæр ахæмы равзары къайæн. Куыд фæрныг фæуыдзæи, кæй хай уый кæндзæни, Цæй амондджын уыдзæн, кæй хорз чындз уыдзæни.
ХÆХТЫ МИНÆВЛР (Б ал ла 6 æ) Зæндджын зæронд лæг афтæ загъта рад^ы: «Кæд у къуындæг мæ цæрæнуат — мæ къуым Уæддæр вæййы таучел зæрдæйы руаджьг Кæддæриддæр мæ уазæгæн фысым». ; Æз дæр уæдæ нæ хъаст кæнын мæхицæй. Нæ дæп æлгъин; Мæ фынгæн ис æгъдау. Куы мæм æрбафты уазæг, Йе та хицон, Мæ уд дæр ын нæ кæнын уæд æвгъау. Æвзонг лæппу мæм а сæрды æруади. Нæ кæрты стыр æнгуз бæласы бын Мæ фæллад уагътон,— Зæрдæ цинæй ради,— Мæ хæхбæстыл иывæзта хур йæ тыи. Дзырдта: «Пыббар, Ыстыр сагъæстæй тадтæп, Мæ буц фысым, Дæуæн зрлндгоид уый нæу...
Ныр.иу хъуыддагæП горæтмæ æруадтæн, Æмæ, зæгъын, æххæст куьГфешш дæу. Дæу фсдтоп æз пæ фосдарæп уæтæрты. Нæ фыййæуттыл ды кадджытæ фыстай. Уыдыстут-иу æфсымæртау хæлæрттæ, Æмæ-иу семæ фос дæр ма хызтай. * Сæ зарджытæ куыд зæлыдысты хæхтыл, Уый хъуыстай ды, , Дæ зæрдæ-иу сæ рад. Нæ фæсивæд куыд уадысты сæ бæхтыл, Уыдтап-иу уый дæр, Рыг сæ сæрмæ бадт. Æз бирæ уарзтон кафып æмæ зарыи, Чысылæи мын сæ амыдта мæ фыд. Ныр дæр ма сæ мæ зæрдыл æз куы дарын; Хæрз æрæджы мæ балц Мæскуымæ уыд. Æрцыдысты йæм равзаргæ фæсивæд Æгас дунейæ, райгæйæ, бæгуы. Уæрæх фæзты иæ хъазæн уыд, нæ симæи, Æмæ иæрыд нæ зарджытæй Мæскуы. IIæ циндзииад-иу паркты бон-изæрмæ Сабыр æмæ хæлар цардыл уыди. ДЗæлæттæй та цъæх-цъæхид арв пæ сæрмæ Нывæфтыдау кæркæ-мæркæ зынди. • Мæ кафтмæ мын фау иу чызг дæр нæ хастл, Мæ цæнгтæ-иу уæзданæп айстон дард.
Болгайраг чызг Эльвирæ мæм æрбахста Сырх дидинæг, мæ тæккæ раз æрхауд. Уæд фелвахтоп æз дидппæджы )айтагьд. Чызг нал иста йæ цæстытæ мæнæй. Мæ хъустыл-иу йæ фæлмæн ныхас ауад. Куыд аив уыд уæпгты кб’ндæй, уыпдæн! Куыд хъазыди! Куыд кафыди Эльвирæ! Уый зарыди мæлгъæвзагæй æдзух. Æз дæр куыд нæ, Куыд иæ йæм хъуыстон бнрæ! Ныккастис-иу мæ сонт зæрдæмæ рухс. Мæскуы-доны-иу аленк кодтам науы. Фæзылдыстæм-иу Ленины хæхтыл. Уыдтам: цæлхыдзаг мæй йæ рухс куыд тауы. Уæд махæй хъалдæр чи уыди зæххыл! Æрвитын ныр Зын æхсæвтæ: мæ фæндтæ, Мæ бæллицтæ мæ пал фæуадзынц уæгъд. Ды бамбардзынæ, Ды, поэт, мæ сæнттæ, Æмæ мын сæ дæ фæндырæй æрцæгъд». Фæкодта мын йæ зæрдæбын ныхæстæ, Фæхъуыстои сæм цымыдисæй бæстои. Æз дæр ыи уæд йæ бæллнцтæ, йæ сæиттæ Пæ фæсивæдæн зарæгæн фыстон.
АРАГУИ I Æлдарау, къуылдымтæ ’мæ рæгътæм Тызмæгæй Хъуды хох кæсы, Бынæй та комы дур-рæдзæгъдтæ Арагуи, абухгæ, хæссы. Дзыназы дон, сырдау лæбуры Æмæ лæгыл æфтауы тас,— Цы-фæнды февзæрæд йæ цуры: Цæрæгон, удгоймаг, бæлас — Æваст ыл карз уылæнтæ сниуынц яÆмæ йын акалынц йæ рыг... Сæнтсау мигътæ йæ сæрмæ зилыиц, Сæ тар æрфгуытæй згъалынц сыг... Дзырдтой фыдæлтæ: ам нæ цыдис Нæдæр лæсæн æмæ зæй дæр,— Иæ уындмæ адæймаг бæллыдис, Хуындис «Дзæнæты ком» кæддæр, Æмæ йæ адæм хастой дисæн: Цъæх нæуу, пæ дидинджытæ— пух.
Æмæ уыдис æлуТон хиЗæн, Пæ кодта фос-рæгъæуттæй цух. Бæрзхъæд йæ дæлвæзты ныззылди, Иæ бæлæстæ — рæхснæг, æмраст; Цы сырд, цы маргъ, дам! дзы нæ уыди!— Къуыззиттæй зæлыди сæ уаст. «Дзæнæты комæн» уыд йæ хицау Фыдгæпæг Хъуды Бардуаг уæд. Æрцыд, зæгъынц, кæддæр уым иу цау: Тох кодтой цард æмæ мæлæт. Пыллæг, тъæпæи къуылдымы фахсæй Уырдыгмæ хохаг суадон цыд, Уым ну хъæу батымбыл йæ фарсмæ, Уый дардмæ урс бæрзытæн зынд. Ам цард зæронд Битар кæронæй; Иæ чызг — Агуындæйы рæсугъд, Сæрыстыр уыд йæ уынд, йæ кондæй,— Уый хъардта «цумайыл» йæ уд. Сæнтурс — йæ дæллагхъуыртæ митау, Цъæх арвау — цæстытæ сыгъдæг; Æрттывтой дзыккутæ зæринау, Пæ сау æрфгытæ та —лыстæг. Лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта, Иæ дзыхыдзырд — фæлмæн, уæздан... Цыма ныл хур йæ тынтæ уæфта, Цыма уыд хурæн дæр йæ хъан.
Ныббуц-иу Хъуд нæ конд, йæ уындæп, Сывæллонау-иу цинæй рад. Йæ гогонимæ-иу Агуындæ Сæ уазал суадонмæ æруад. Рæсугъд Лгуыпдæйæи, дам, Хъуд Æрттиваг дуртæ донмæ ’ииæрста. Æмæ-иу дуртæ чызг æвзæрста, Æмæ сæм мпдбылты дæр худт... Бырыд Агуыпдæ ирд къæдзæхтыл, Æдæрсгæ, апнæгыл хызти,— Æмæ нæ хæцыд цæст йæ къæхтыл, Цыма йыл базыртæ уыди. Сæгуытау адгуыты куы згъордта, Куы уыд, гæлæбуйау, йæ хъазт, Хох Хъуд-иу ын уæд фестын кодта Сырх-сырхид дидинæг нæ раз. Пæхи прхæфсынмæ-иу хъæдмæ Агуыпдæ райсомæй куы ссыд,— I Фæсидт-иу хохы Бардуаг мæргътæм, Сæ зарджытæн кæрон нæ уыд. Йæ уарзондзинад-иу уым чызгæн Лæппунау раргом кодта Хъуд, Фæлæ йын саурæсугъд Агуындæ Иæ урсытыл кæл-кæлæн худт. Мыййаг-иу искæд бон йæ рæзты Бæхыл куы сцæйцыди хуыснæг,
Куы-иу ауад’и чызг иæ цæстыл, Уæд-иу фæсæццуйау и лæг: Йæ фыдвæнд-иу куыддæр фæтары, Фæурæдта-иу бæх æваст,' Йæ сæнттæ-иу æн айстой дардыл Æмæ-иу чызгмæ джихæй каст. 2 Ызгъордтой боитæ. Ирыл апхъуыст Рæсугъд Агуындæпæн йæ кой. Йæ курджытæй-иу байдзаг агъуыст, Æмæ сæ нал уыдис æнцой; Æнхъæлцау сагъæсты ныххауынц, - Кæнынц ыл алы ран иыхас. Иæ рæсугъддзииад ын ыстауынц, Цæстмæмитæй вæййы сæ хъазт: Чи раппæлы йæ кафт, йæ зардæй, Чи ’хсарæй, дугъонæй, фæндæй, Чи раппæлы йæ фæрныг цардæй, Чи стыр мыггагæй, чи — кæмæй... Быцæуыл алы хатт ныллæуынц,- Фæлæ разы дзуапп чызгæй нæй, Æмæ сæргуыбырæй фæцæуынц Сæ фæрныг хæдзæрттæм мæстæй.
Фырмæтæй ихснйы зæронд Хъуд, Цыма йæхимæ у тæргаи: Кæй нæу æрыгон, йе зæххон гуырд; Кæй нæ ’фæуыдзæн чызг йæ хай. Зæгъы: «Иыры оиг æз æнхъæлдтон, Цыма цæуы лæгыл мæ бар. Бæргæ мæхицæн ныфс æвæрдтон, Цыма мын дуне у дæлбар. Вæййын ма боныхъæд дæр ивæг, Агуындæйы куы фенын уæд. Фæлæ куыд хивæнд у, куыд,хивæнд! Ыæ дары мурмæ дæр мæ фæид... Лу, уæд цæмæп, цæмæн фæхуды Мæныл хуымæтæджы зæххон? Цы хъазы уын мæ зæронд удæй? Куыд нæ хаты мæ тых, мæ бон? Æз дæн æрдзæн йæ барджын хицау,— Куыд нæ мын тасы уæд мæнæн? < ’ Цымæ кæй равзардзæн йæхицæн? Нывонд кæмæн уыдзæн, кæмæн?..» Кæй иæ пæ бауарзта Агуындæ, Иæ азтæм ын кæй хæссы фау, Кæй фесты уæгъды тарф хъуыдытæ, Хъуд уый тыххæй куыдта чызгау.
3 Уынгæг ком... Урс цъитиджын рæгътæ... Уым кардæй карстау раст лæууынц Бæрзоид, æгомыг тар къæдзæхтæ... Хæдзæрттæ дзы бынæй зынынц. Лрагун, дам, дзы цард сæ иуы. Сæ зылды ахæм гуырд нæ уыд. Зынты нæ ауæрста нæхиуыл, Иæ ном æгас бæстыл нæрыд. Æмгарæн-иу тыхсты рæстæджы Кæддæриддæр æххуыс фæцис. Фæдисмæ никуы кодта ’рæджы. Мæгуырæн хатыдта нæ рис. Иæ хъама-иу сырды хъæлæсы Йæ тæккæ фистонмæ ныссагъд. Кæнæ та-иу тæхгæ цæргæс дæр Нæ фаты иу фсхстæй æрхауд. Сæнтсау цæстытæ, сау æрфгуытæ, Дзырдарæхст, намысджын, хæд-зонд. Зыдта уый алгъуызон кæфтытæ. Бæзæрхыг, асæй уыд бæрзонд. 4 Бæрæгбон у æмæ та уæлбыл Ныр хъæуы фæсивæд — æмбырд.
Фæндырдзæгъдæг фæндыры тæнтыл Уæздаи æигуылдзтæ ’рхæссы цырд. Фæфиппайдта рæсугъд Агуындæ — Фæци йæм иу лæппу æмдзаст... Уый уыд Арагуи. Чызджы уындæй Фæджих, цыма фæци уæнгсаст. Фырæфсæрмæй фæци къæмдзæстыг, Иæ зæрдæйы пывæнды рухс. Æмæ Агуындæмæ фæкæсы,— Æмæ иæм дары уый йæ хъус. Цæф сæгуытау чындздзоиы зæрдæ Ыстыхст, йæхимидæг ныррыст. Ыскалдтой цæстытæ цæхæртæ, Иæ риуы уарзонад ныххызт. 1 Ныгъуылы хъуыдыты Агуындæ, Зæгъы йæхинымæр сындæг: «0 саулæппу, кæцæй фæзындтæ? — Кæны мæ сонт зæрдæ уынгæг». Ысхъызыд уад, Сæ сæрмæ сдымдта, Фæзынди сатæгсауæн мигъ. Нæрыдис арв, Нæрыд, æрттывта, Ыставд гагатæй уарыд их.
Хъазт райхæлд, Хъæумæ алчи уади. Агуындæ дæр, мæтгæнгæ, лыгъд. / Арагуи йæм йæ бæхыл тахти, Ныййæфта йæ, Цæрдæг æрхызт. Æрбавæрдта йæ цырд йæ саргъмæ. Æркодта йыл уæнлаг нымæт, Ыскъæфы йæ сæ хъарм хæдзармæ, Тæссаг ихæй дзы ма уа мæт. Бæгуыдæр, уыцы сау нымæты Æхсаргард никуы кодта лыг, Нæ дзы хызт фат, нæдæр цы-фæнды Ыздыйæ рауадзгæ нæмыг. Тахт саулохаг, фæрдыджы хаста. Уад карзæй-карздæр кодта ’хситт. Йæ разæй сæ ыставд их айста, Æмæ сæм Хъуд фæсмигътæй сидт: «Агуындæ! О рæсугъд Агуындæ, Æрттиваг дуртæ-иу дæм кæд Æппæрстон, Радтæи кæд дæ уыидæй, Уæд дын ньтр ихæн та — мæлæт. Дæхи куы ирхæфстай мæ фæзты, Уæд-иу фæсидтæн мæргътæм æз, Ныр та дæм уыдон зарды бæсты Ныннæры арвнæрды хъæлæс.
КæД-пу Дæ размæ хæхтæп, рæтътæи Сæ дызгъ)ын тигьтæ кодгон лæгъз, Уæд дын ныр та дæ хорз фæндæгтæ Кæпыи фыдбыи æрхытæ æз. Æмбæлттимæ куы цыдтæ хъазтмæ,— Дæ раз уыд дидинæг, сыгъдæг, Сæ бæсты та гъс иыр дæ размæ Фæзындзæн маргхæссæг кæрдæг». Куы ’рхæццæ сты Битарты кæртмæ, Уæд чызг фæсонтау и, тыхсы. Цыдæр ын-фелхъивы йæ зæрдæ, Æнкъардæй лæппумæ кæсы. Арагуи абадти йæ бæхыл, Агуындæйæн «хæрзбон» зæгъы. Иæ бæхы къах иæ хæцы зæххыл, Иæ бæх, тъæбæртгæнгæ, тæхы., 5 Цæлхыдзаг мæй ыстылди арвыл. фæлурсæй стъалытæ кæсынц. «Дзæнæты ком» цъæх-цъæхид дары, Иæ дидинджытæ йæм зынынц. Кæмдæр нынйазæлы æхсæрдзæн, Кæны та суадон дæр хæл-хæл. Рæсугъд у тынг йæ бакаст æрдзæн. Кæны æвзопг зæрдæ дзæгъæл. Плиты X. 225
Агуындæйы хуЫссæг п& а\ЧСЫ. Фæнды йæ ирхæфсыя йæхи. Иæ зæрдæ йæ æддæмæ ласы, Уый рацыд, сагъæстыл фæци. Кæсы бæрзонд хæрис бæласмæ,— Кæнынц йæ сыфтæртæ сыр-сыр. Хъуд сыфтæрты æхсæнæй разынд. Фæтарсти чызг, фæуайы цырд. Уæдмæ йын Хъуд йæ рухс фæндæгтæ Æрæхгæдта, Æрбадти мигъ. Нæй, чызджы нал хæссынц йæ зæнгтæ, Æрлæууыд, барызти, ныджджих. Хъуд: Æз ай-бæрц дунейыл фæцардтæн, Мæнæй зæронддæр арвыл нæй. Æз райгонд иуæй дæр нæма дæн, Æрмæст зæрдæрухс дæн дæуæй. Дæуыйас æз мæхи нæ уарзын, Ныр уарзондзинад судзы мæн, Мæ хъару басæтты дæ разы, Дæумæ мæ зæрдæ у фæлмæн. Куынæ дæ феныи, уæд куыд зын у! Дæ фæстæ райдайын хæтын...
Фæзыиыс мæм æхсæв мæ фыны.' Дæ иыфсæй къæдзæхтæ сæттьш. Ныххойын тынг сæ кæрæдзнуыл Зæхх æмæ арв, Тыхджын дæн æз. Кæсы мæ коммæ бæстæ иууыл, Йæ сафынæн мын ис фæрæз. Дæ цард цыбыр у, баруандзынæ Фæззыгон дидинæгау ды. Мыггагмæ мемæ ды цæрдзынæ. Дæ зæрдæ нал хаудзæн мæты. Тыхсы Агуындæ: «Мæнæ хæйрæг... Куыд форвæзон? Кæцæй фæзынд? Мæ алфæмбылай дæр нæй ызмæлæг. Цы фыд, цы бæллæх мыл æрцыд? Мæ зæххои цардæмбал нывонд у, Æнæ уарзгæйæ нæй цæрæн. ’ Æлгъ кæнын Хъудыл, Хъуд зæронд у. Æнусон цард нæ хъæуы мæн».— р'1æ цæстытыл Лрагуи уаны, Хъару æмæ йæм ныфс фæзынд, Æмæ нæ комы Хъудæн сайын,— Иæ дзырд фæлмæн, фæливгæ уыд...
А г у ы н д æ: Дæ сæрмæ та ды мæн куыд хæссыс? Мæгуыр зæххои адæймаг дæн. Уæларвон — ды, куыд мыл æрвæссыс? Табу дын, фсрох кæ ды мæи. Хъуд: Æрвæсгæ нæ, фæлæ дæу тыххæй , Ныххуыскъ кæндзынæи дæттæ æз. Ысфæлдахдзынæн хох мæ тыхæй, Дæ зæрдæ мын ды ратт æрмæст. А г у ы и д æ: Табу, бæргæ дæ æз куы уарзин, Уæд мып æнцон уаид, æнцои. Æз, чи зоны, фæрнджындæр уаип, Фæлæ пæу уый кæнын мæ боп, Цæйнæфæлтау хызт уон мыггагмæ Нæ зæххон цард æмæ мæтæй, Мæ уарзонæй — мæ цардæмбалæй, Фæлтау фæраздзынæн зынтæн. Хъуд: Зæххон лæг дæу, чызгай, фæсайдта, Фæлывдæй рацыди дæуыл.
Зæгьыс, йæ зæрдæ, дамгмыи радта. Кæуыл æууæндыс уæд, кæуыл?! Кæдмæ мæ бар цæуа мæ зоидыл, Уæдмæ уый н’ ахæсдзæни дæу. Дæумæ нæ дардзæн бар зæххои лæг, Зæххон лæгимæ д’ амонд нæу. А г у ы н д æ: Табу дын, не ’рвон зæд, Ныууадз мæ! Нæ кæнын цардæмбалæн дæу. Цæлхдуртæ ма æвæр мæ уарзтæн! Мæ бон мæ зæрдæ сивын иæу. X ъ у д: Уæдæ йæ зон, мæ къухы бафтдзæн... Уыдзæн дæ цæстысындз дæ къай. А г у ы н д æ: Арагуи уыцы бар нæ ратдзæн. Ныххудти Хъуд, Фæлыгъд тæргай. Иæ худтмæ азæлдысты хæхтæ:, «Фæлæуу, уый фендзыстæм, мæнæн
Кæд-иу нæ" кæнаи ды ’ лæхстæтæ. Æлгъаг куыд ыстæн æз дæуæн?:;» 6 Битар йæ галтыл хос фæласы. Ыстымыгъ и, Дзыназы уад. ^ Битар ныффæлурс, бацыд тасы, Тыхстæй нæ галты фæстæ уад:' Ныртæккæ дæр ма рæстæг хур уыд, Уæд ай цы ’рцыд? Цы кодтон, ау! О дауджытæ, Æххуыс уæ курып! Табу, о ме ’скæнæг хуыцауЫ Гъа-ныр фæбырой галтæ ихыл, Их афтæ атадис æваст. Æфтауы дзуæрттæ лæг йæхиуыл. Ныхъхъус и тымыгъ, Хур æркаст. Зæронд лæг февзæрыд йæ разы: Хъуынджынæрфыг, сæнтурс — йæ сæр. Йæ ныхтæй даргъ боцъотæ фасы, Кæлы йæ цæстытæй цæхæр. Битар йæ зонгуытыл æрхаудта: «О, мæнæ Уастырджы фæзынд!»
— Æз Хъуд дæн, Хъуд,— Уæ Хохы бардуаг. Ыстыр хорздзинад дыл æрцыд/ Пптяр фæджих, табутæ кодта: — Дæумæ иæ фыдæлтæ куывтой, Цæрæнбоиты дæу ничи федта, Фæсаууонмæ дæ ’рмæст зыдтон. Дæ хорзæхæй, цы фарн дæ ’рхаста? Мæ куывд мын фехъуыстай, мыййаг? X ъуд: Фæцардтæн арвыл мингай азты,— Мæнæн зæхмæ иæ уыд фæндаг. Цæстæй мын хай нырмæ нæ уыди, Стæй уе ’хсæны уæвынæн бар. Лæг-иу мæ фенынмæ бæллыди. Мæнæй-иу алчи хордта ард. Мæхи уæм никæд бон æвдыстон, Иыр мын кæнынц уæ иутæ маст. Рæсугъд чызджыты кой-иу хъуыстон, Фæлæ сæм не ’рцыдтæн æввахс. Нæ сæм-иу бакодтон «тæхуды», Ныр мыл фæуæлахиз дæ чызг. Рæсугъд у, хъазы мын мæ удæй, Фæуайы цæстытыл йæ хуыз.
Æз æй хъæбулау бирæ уарзТои, Æз æй фыдбылызæп хызтои. Мæ хъус-иу æм æрвылбон дардтон, Æз æй мæ хуры тын хуыдтон. Дæ хорзæхæй æз буц уыдзынæн... Ды та? Ды нал зондзынæ маст, Æмæ паддзахы цард кæндзынæ, Мæлæт дæм не * руæнддзæн æвва#с. Б и т а р: . Хуыцау, кæд уыдаин æнхъæл та, Æмæ мæм рухс амоид кæсдзæн? Мæнæй-уый хъæлдзæг та куыд нæ уа, Кæд ныр ыстыр амондджын дæн! Цы дын зæгъон, нæ Бардуаг, бузныг, Дæ цагъартаё ыстæм дæуæн. Дæ къай кæй бауыдзæн мæ буц чызг, Æз уый тыххæй сæрыстыр дæн. Хъуд: * Уæдæ цæугæ! Зæгъ-иу дæ чызгæн, Нырма нæма зоны, циу цард, Кæннод фæсмонгонд уый фæуыдзæн,-— Уыдзæн æнамонд æмæ ’нкъард.
Фæсайдзæннс æй, зон, иæ зæрдæ, Нæ кæны фидæныл хъуыды. • Зæгъ-иу мыи сомæхсæв дæ фæндтæ. Хъынп-сыпп^куыд иикуы скæнай ды... Мæнæн фæдзæхст уыди хуыцауæн,— Цæмæй уон адæмæй сæрхызт.— Фæтары Хъуд. Битар фæуайы, Ыстыр цин зæрдæмæ ныххызт. Иæ сæнттæ йæ фæхæссыиц дардыл, Пыр æм йæ амонд у хæстæг. Фæзылд, фæхъæр кодта йæ галтыл,— Цыдысты къуылдымтыл цæрдæг. 7 Мæй арвыл слепк кодта бæрзоидмæ, Фæлурс мæй рудзынгæй кæсы. ’Битар куыд хъæлдзæг у зæрондæй! Иæадзджы аивæй фæрсы: «Хъуд амонд у, Æмæ дын дзурын, Ныр амонд махмæ дæр æрзылд.. Дæу бауарзта æмæ дæ куры. Уыдзæн дæ рухс фидæн нывыл. Цы фенкъард дæ, Мæ чызг, мæ иунæг? 233
Æви дын у мæ фæн’дон хъыг? Куы ныккаст хуры тын мæ риумæ, Цæмæи ызгъалыс уæд цæссыг?» Л г у ы и д æ: Мæ фыд, ныууадз мæ! Уый зæронд у. Нæ кæнын, нæ, æз Хъудмæ мой. Зæххон нæу Хъуд. Мæ амонд конд у.— Йæ кой дæр нал, мæ фыд, йæ кой! Б ит а р: Гъæ хивæнд чызг! Дзырдæй нæ сæттыс! — Лæбурæгау æм фыд хæцы,— Ды Хъудæй афтæтæ куыд уæндыс? Цы дзурыс уый? ’ Æрра сдæ, цы? Зæд у, йæ бæллæх ныл ныккалдзæн. Ды уымæ хъуамæ скæнай мой! Уæд махмæ рухс амонд æрхаудзæн, Уыдзæн нæ цард рæсугъд, æнцой. А г у ы н д æ: Мæ фыд, мæ судзгæ сагъæс бамбар! Æнæуынон у Хъуд мæнæн.
Б и т а р: Дæхи къухтæй дæ амонд ма’ииар! Уæлдай сыбыртт дын нæй кæиæн. Нæ зоныс, циу хуыздæр дæ удæи, Дæуæн Хъуд бафауинаг нæу. Мæ чызг, куы нæ бакомай Хъудæн, Уæд æз ныххурх кæндзынæн дæу. Л г у ы и д æ: Мæ алыварс ай удхор сырдтæ... Цы кодтон, цы? Цы мыл æрцыд? Цы ’взагæй мæм цæ фыд ысдзырдга, Мæ рæвдауæг, Мæ зынаргъ фыд. Тыхджын у Хъуд. Цæн, ныр цы бауон? Куыд уæззау сагъæсы фæдæн! Нæй ам æввахс мæ ныфс, Мæ уарзон,— Æнæ уый цард иæ хъæуы мæн. Чызг иунæг у Зыбыты иунæг, Иæ зæрдæ суынгæг и, ныттар,
Æмæ куыд нæ уа иыр фæлйвæг? Пæ фыд дæр ьш пæ датты бар. Цы бакæна? Кæдæм фæлидза? Иæ фыдæн афтæ ,'ихъæл нæ уыд, Уæззау маст зæрдæмæ куы хиза, Уæд ма зæххыл куыд нæуа, куыд! Сæрбæттæн абаста йæ сæрыл. Фæгæпп ласта: I «Хæрзбон, мæ фыд!..» Фæтæхы, уайы фыд йæ фæдыл, Кæны йæм хъæр:, «Фæлæуу! Цы ’рцыд?!» Æртыхстысты йæ сæрмæ мигътæ Æмæ дывыдои арты сыгъд. Куыддæр ныххæццæ хауæн тигъмæ,— Раст афтæ йæм фæцыра и фыд... «Фæлæуу, мæ чызг!»— - Æмæ йæ разы Куы фестад дардыл зылд цъæх иæуу. Битар сывæллонау дзыназы: «Æз’никуал бафхæрдзынæн дæу!» Фыд чызгыл атыхсти фырцинæй, Æмæ йын адджындæр фæци: «Дæуыл æз нал цæудзынæн хинæй, Дæ цардыл хъардзынæн мæхи».
8 Æхсæв. Битармæ Хъуд фæзындн. Фæрсы йее: «Не сразы дæ чызг?» Битар: Мæ бон йæ басæттын нæ уыди. Табу дыи! Ма мæм фæу хъыг! Фæфарстон æй, ’ Дзырдæй нæ тасы, Мæ разы сагъд цыртау лæууыд. «Нæ комын»,— загъта, Дæу нæ уарзы, Дæ фарны фæрцы ирвæзт уыд... X ъуд: Фæлæуу! Лæсæнуат кæд нæ фæуат! Фыдаз уыл скæндзынæн, уый зон! Кæд-иу мæнæн лæхстæ нæ кæнат, Уæ цард куы уа мæгуыр, зындон. Фæтæхы Хъуд. Битар йæ тыхстæй, Æхсидавау фырмæстæй сыгъд:
«Мæ хъæубæстæ хæрз сæфт кæндзысты, Цы фæуок? Зонын ын нæ’тых. Хъуд фестад удхæссæг мæ чызгæн. Мæ чызджы фæстæ та мæ цард Зæрондырдæм рæстмæ нæ уыдзæн, Уыдзæн мæстæлгъæд æмæ ’нкъард. Фæраздзыстæм фыдцардæн, мастæн. Æртхъирæнтæ нæм Хъуд кæнæд, Цæйнæфæлтау мæ чызджы байса, Фæлтау хуыздæр уыдзæн мæлæт». Æмæ ыскатай Хохы Бардуаг, Цыккæрзы, адæргæй нæты: «Æз, ау, цæуылнæ дæн сæ аккаг, Кæд зæды, дауæджы фæнды?» 9 Сæтты егъау цæлхдуртæ рæстæг, Иæ рады фæззæг дæр лæууы. Арагуи ’рбабаста йæ гæрзтæ... Агуындæмæ уыиæг цæуы. Иæ зæрдæ райгонд уыд, æнæмæт, Æрбавæрдта йæ бæхыл саргъ. Иæ уæлæ баппæрста йæ нымæт. Иæ фæндаг хæхты сæрты — даргъ.
Рæсугъд у бон. Æрдз райхъал иууыл. Фæлмæн зæринхуыз тынтæ хур Пывæнды аГшæгæн йæ риуыл. Кæиы сæ хох тыбар-тыбур. фæздæгхуыз фæлм уылæнтæй кæмттæй Æмæ цъæх дæлвæзтæй ыслæст, Æрæпцад фæхстыл, æмæ рæгътæ Уыдысты пух мигъæй æмбæрзт. Арагуи ’фцæджы сæрты базылд, Ныр у йæ уарзонмæ æввахс. Хъуд-Хохы бардуаг уымæ разынд Тызмæгæй сау мигътæй æваст. Йæ зачъетæ, йæ урс рихитæ, Иæ сæры урс-урсид хъуынтæ Ысхæццæ сты пыхцылæй мигъты Æмæ сæ хаты цæст зынтæй. Арагуи аджих и, нырхæндæг. Фырмæстæй сагъд цыртау лæууы, Йæ цуры нæй æппын ызмæлæг. Лæгдзинад равдисын хъæуы!.. Фырмæстæй Хъуд йæхинымæры Кæиы былысчъилæй кæл-кæл. Йæ тых-йæ бонæй размæ ’фсæры, Зæххоны басæттын у ’нхъæл:
«Хъæуы Арагуийы ныммарын,— Уыдзæни уæд æнцон мæнæн Агуындæйæи нæ зæрдæ ссарын, ’ ’ ’ Æндæр хуыздæр мып пæп гæпæи».— Пыккæрзы Хъуд, Уый бацыд тохы. Мылазон мигътæй батар хур. Цы халсар зади Хъуды хочыл Уын бампылд, ’Нал зад дурыл дур. Лæппуйы кард цæхæртæ каадта, Уæлгоммæ зæххыл адаргъ сырд. Нæ фæтарст бæх, Иæ хъустæ сдардта, Сындæггай хуыртыл хъавга* цыд, Зыдта Арагуи: Бæх нæ кæлдзæн, Кæн ардзæн саулохаг фæпдаг. Хъуд бамбæрста: Мæнгвæнд кæй кæндзæн, Сæттын нæ бакуымдта ызиаг: Ныддымдта мигъты Карз уад сыстад, Уад калмау байдыдта æхситт, Уад рындзтæм, айнæгмæ æвзыста, Цыма фæдисы тохмæ сидт.
Ныдздзынæзтой хъуынтъыз , къæдзæхтæ, Тымыгъы карз футтæй бынтон Куы аззадысты ныр гæмæхæй. Кæм ма уыд хъызтæи та кæроп! Арв ихын ставд судзиитæ калдта, Æмæ дзы рахатæн нæ уыд: Уый хох æркалд, Ие арв æрхаудта, Æмæ æгас бæстæ нæрыд. ’ ÆнГъыснæг уадьь ниуды хъуысти Æгъатыр Бардуагæн йæ худт. Йæ саулох хъæпæны нынныхсти Æмæ фырцинæй марди Хъуд. Иæ саулох уæрджытыл æрхаудта, Арагуи саргъæй рæвдз æрхызт, Иæ сæрыл ын йæ къух æруагъта , Æмæ йын йе ’фцæгыл иыттыхст. Уад не ’нцад, Бон бынтон ныссау и, Цæрæгой нал зынд, Налдæр къох, Æрмæстдæр ма зынди Арагуи, Уый кодта Хъуды ныхмæ тох. Ныххуды Хъуд йæ амæттагыл. Ыслæууыди йæ къæхтыл бæх. Фæбалц ’и барæг дард фæндагыл, Иæ зæрдæ фæидагæй фæцъæх..; 16 Плиты X. 241
Лæууы Арагуи раидзаст фæзы, „Æрхуымæй хайуанмæ кæсы: Мæлы йæ бæх, мæгуыр, ныккæрзы, Лрагуи ’рызгъалы цæссыг. 10 Арт судзы. Нæй Битар бынаты. Фæцыд йæ сыхагмæ хуынды. Агуындæ рудзынджы раз бады, Кæны йæ дунейыл хъуыды: «Куыд æрæгмæ зыны Арагуи? Кæд ыл æрæмбæлд искуы знаг? Кæнæ кæд хæхты дард фæндагыл Иæ саулох бастади, мыййаг! Арагуи, ехх, куы сси мæ уарзои, Уæдæй мын дуне у зынаргъ... Зындзинæдтæн дæр стæн фæразон, ’Æмæ мыл рæстæг дæр иыддаргъ. Куы уаиккам, тæхуды, иумæ, Куыд хъæлдзæг уид нæ рæстæг уæд, Ныккæсид хуры тын мæ риумæ, Æмæ æрбайсæфид мæ мæт! Цыма мæ сæры зонд фæдзæгъæл,—• Цæуылдæр алы бон тыхсын.
Мыййаг, куы фæуои æз фыдæнХъæЛ, Каемæя æй бауæндон зæгъын? Цы сдæн, цы кодтон уый нæ зонын, Цыма мæ риуы судзы арт. Уый уарзондзинад адæм хонынц, Æллæх, к>ыд уыдзæни мæ’ цард?» Сабыргай дуары хъæр фæцыди, Уæд бахызт мидæмæ бæлццон, Фæлмæцыдæй æнцад лæууыди, Уыдис йæ зæрдæйæн æхцон. «Агуындæ,— загъта йын Арагуи,— Нæ уадзы Хъуд мæ адыл мæи. Мæнмæ кæиы хæлæг уый рагæй, Тыхсып, йæ ахæсты фæдæн. Фæлæ мæ цæст кæдмæ æрттива, Мæ къæхтыл цалынмæ цæуон, Уæдмæ мæ зæрдæ никуы сивдзæн Дæуыл йæхи, мæ хур, уый зон!» Нырттывта арв, ныццавта кардæй... Æрцыди Хъуды фæндæй зæй. Кæройнаг хæдзарыл æркалди, Уым фесты уарзæттæ бынæй. Æхсæвтæ ’мæ сыл боптæ уайыпц. Æххуыс кæмæй курой, кæмæй?.. Сæ тыхтæ тайынц æмæ тайынц, Хæринаг иæй, стæй дон дæр нæй.
Арагуийæн йæ фæлмæн къухтæй Лгуындæ йе ’фцæгыл æртыхст, Иæ цæстытæм ын каст фырбуцæй, Цыма йæ амонд уым уыд^фыст. Тыхсы Арагуи, иуран нал бадт, Æддæмæ тагъд æххуысмæ сидт. Фæхæсти дуарыл, дуар æрбахауд, Цæрдæг йæ ныхтæй къахта мит. Фæлæ йын къахын бирæ не ’нтыст,-— Æнæ уæлдæфæй уыд æнуд. Уæдмæ сæм хъæу фæдисмæ фесты,— Æвæццæгæн, сæ амонд уыд... ’ Æхсар та сæм фæзынди ногæп, Сæ фыдæбæттæ фесты рох. Фæлгæсынц дунемæ уæигрогæн, Фæлæ нæма фæци сæ тох. НыййазæЛди та Хъудæн хæхтыл , Йæ хъæр, йæ гуымиры чыр-чыр. Тылдысты дуртæ ихсыд рæгътæй, Лæбырыд зæхх, Цыди гуыр-гуыр. Хъуд зæхмæ сау мигътæй æфсæрста, Æмæ Агуындæныл фæхæст... Сырдау æн йе ’ккой 4цырд ыскъæфта, Цъæхахст ма кодта чызг æрмæст. ’
Арагуи сæ фæстепьг суры, Пæ къухы ’лвæст хъама цыргыгн: «Фæлæуу, мæнгард!*- Хъæрæй йæм дзуры,— Дæуæн ныр аирвæзæн иæй!» «Фыдбылыз, аздæх тагъд фæстæмæ! Мæ маст дæ райсдзынæн, фæлæуу! Куыд уæндыс Хъудмæ ды хæстæгмæ? Уый зо’н, фæхурх кæндзынæн дæу!» Нæдæр цъæх айнæг, Нал дæр дуртæ Уый’нал уыд уромæг æппын, Кæм тар хъæдты, Кæм та тыгъд къултыл Гæпдугъæй райдыдта тæхыи. Фæлмæцыд Хъуд, Мæстæй ма худти, Йæ разы фегом и къæдзæх, - Иæ цæрæн уым уыд, зæгъынц, Хъудæи, Фæцыди уыцы рап йæ дзæхст. Иæ дуар нæма сæхгæдта, афтæ Æхстуадæй бардуаджы фæдыл Арагуи бамидæг и хъавгæ, Ныррызт «Дзæиæты ком» дæрдтыл. Нæрыдис арв, Нытталынг бæстæ.
< Уым тар Къæдзæхы стынг ,й ТОх, Уым карды, Хъамайьь дзæхст-дзæхстльф Æмризæджы ныррызти хох. - 11 Цъæх айнæг афаст. Уыцы фастæй Лрагуи ракалдис æваст, Уый Доиычызджы йемæ ласта, Уым кодта Донычызг цъæхахст: «Лрагуи, о мæ хур, Дæу >шсын, Æз дæн пыр Донычызг, тыхсын, Мæ ныфс, Дæ хъæлæс мæм иæ хъуысы, Фæзын Агуындæмæ, фæзын!» Йæ уылгЖгæ дон тынгдæр фехста, Дзуапп чызгмæ райхъуыст: «О мæ бон, Арагуи дын ныртæккæ фестад Дæу чи скъæфы, гъе уыцы дои. Нæ, иæ, ды не сцух дæ мæ сæнттæй, Мах иумæ стæм, нæ мæ дæ рох! Ды ма тæрс ме стыр знæт уылæнтæи, Кæнынц фыд-зонд Хъудимæ тох».
Гуылфгæнгæ уади дон, лæбурдта, Фæдисы уайæгау — ’йæ цыд. Фьшккалгæ ссæста, Скьæфта дуртæ, Сæ гуыпп-гуьиш арвпæралау цыд. Дон Хъуды хохы фæхстæ стигъы, Æхсыны йæ, кæны йæ пырх. Фырмæстæй хох йæхи ныууигъы, Иæ ных æм бадары хъæддых. Куы хъæлдзæг сабинау фæкæпы Хъуынаджып къæГпы ’хсæп кæл-кæл, Кæм та æмвæтæнæй фæкæлы, Фæхъусы уылæнты хæл-хæл. Уæлдай рæсугъд у уый мæнрухсмæ, Куы цæуы хъæды астæу, уæд. Цыма æрулæфы æпусмæ, Цыма дзы ницы вæййы мæт. Бæрзонд пæлæхсар тæрс бæлæстæ Æркъул вæййынц, кæныпц фынæй. Æркæсы сыфтæрты æхсæнты, Хъуызæгау, мидбыл худгæ, мæй. Бæлццон лæг уыцырдæм куы бафты, Уæд дон фæтынг кæны йæ хъазт, Бæлццоны зæрдæйы та бафты Рæвдауæг уарзæтты ныхас.
Уый Донычызг æмæ Арагуи Рæсугъд кæрæдзийыл тыхсынц... Сæ таурæгътæй фæлтæртæ рагæй-. Æрæгмæ дæр кæнынц тыхджып. 248
* СÆЛИМÆТ Ресы хох — хæхтæй бæрзонддæр, Дардыл ныззылди, уæрæх. Диссаг куыд нæ у йæ конд дæр!— Иууыл — цъæх айнæг-къæдзæх. Цъуппытæй цъититæ ’рттивынц... - Хæхтæн — æнусмæ æлдар... Зæйуæтты, тигътыл фæхизыпц Тæппуд сычъитæ дзæвгар. Мигътæ йæ сæрмæ лæгæрдынц, Рындзмæ æдзухæй — сæ сидт. Зымтæ йæ фæхстæй фæлгæсынц, Хъуысы сæ цъæхснаг къуыззитт. Балгай йыл цæргæстæ зилыиц, Бархи, уæгъдибар — сæ хъазт. Уæлдæфы ’нæнкъуысгæ симынц, Не ’мбарынц сагъæс, нæ — маст. Фесхъиуы урсбарц æхсæрдзæн, Айнæг — йæ хауæн къæсæр.
Калы фæйпæрдæм æихъæвЗæИ, Къæдзæхтыл хойы йæ сæр. Ресæн йæ бынты, фынк калгæ, Ара>ы Саиаты дон, Згъоры, дзыиазгæ, фæйлаугæ, Айтыгъта комыл йæ рон. 1 Ракæс-ма, Ресы хох, ракæс,—- Адæмæй байдзаг дæ раз! Хуссары лыгъдæтты сагъæс Æрдзыл дæр бафтыдта маст. Се ’ргъæмттæй с ’астæутæ тасыпц. Гом’къæхтæн хъары сæ туг. Хохыл лæгуæрдæттæ ласынц, Чи та дзы сифтыгъта хъуг. Дзидзидай сабитæн хъуысы Кæмтты сæ цъæхахст, кæуып. Дзыллæты рисæй нæ сысы Суадæтты ризгæ хъæрзын. Лидзынц æргъæвст адæм цъасмæ, Ие ’нцайы уады сыф-сыф. Фосы уаст, адæмы мастмæ Хъæд дæр нызгъалы йæ сыф.
Хъæутæй фæлыгъдысты ’куыитæ, Лæгæттæй ниугæ рæйынц. Рагон хъуынасæр мæсгуытæ Къуылдымтыл джихæй лæууынц. II Урсгварди бацахста фæзтæ, Ллырдæм хъомпал кæнынц; Скодтой хæстæввонг сæ гæрзтæ, Марынæввонгæй кæсынц. Аззади сидзæр, гæмæхæй Тхъиауы1 быдыр æваст, Хоры тау бахсыдтой бæхтæ, Хъуысы сæ мыр-мыр, сæ уаст. Туджы бои бацыд нæ рады, Жгъенти2 куы дауы йæ кард. Знаг Квинитадзе3 уым бады, Радты йæ кæсдæртæн бар: — Сызмæлыд Хуссар Ирыстон, Слæууыд нæ ныхмæ уæндон, 1 Хъæу, Сталииирæй 18 километ- ры дæлдæр. 2 Меньшевикты гвардийы комаи- дæгæнæг. 3 Меньшевикты штабы хицау.
Хъуамæ фæуа уый гæныстон, Байсæфа хъуамæ бынтон! Размæ ут! —- йе ’фсæдтæн дзуры,— Бирæгътау зпагмæ кæсут! Дур дзы куыднæуал уа дурыл, Кард æмæ арцæй цæвут! Наутыл нæм рарвыста Апглис, I Хойраг, хæцæнгарз, бæхтæ. Абон йæ минæвар ам ис, Ноджьь дæр ратдзæн тыхтæ. III Консв1, Джугъели2 æвнрхъау Бафтыдтой Хуссарыл арт. Сау фæздæг мигъы къуымбилау, Кæмттæ ’мæ хæхтыл æрбадт. Тигъæй Джугъели фæлгæсы Сау æхсæв мæйдары дард, 1 Абон æм диссаг фæкæсы, Æртыты фенгæйæ, цард; 1 Инæлар, меньшевик, Джугъе- лийы æххуысгæнæг. 2 Æфхæрæг отряды раздзог.
(Афтæ ма басыгъта Римы Иу æхсæв раджы Нерон, Зæрдæ ныррухс и йæ риуы, Нал уыд иæ цинæн кæрон...) Тарст адæм хъæууынгты згъорыиц, Уадзынц сæ мæгуыр фæллоп. Устытæ дзыккутæ тоиынц, Зиаг сæ фæкодта сæргой. Мадæлтæ авдæнты бастæй Сабиты се ’ккой хæссынц;, Се ’рдиаг, судзгæ цъæхахстæй Зæрдæйы тугтæ кæлынц. IV Арвы дуар фегом. Тæрккъæвда Хойы сæх-сæхгæнгæ зæхх. Арвырттывд калы йæ фæттæ, Ахсы сæ айнæг-къæдзæх. Пацъа дон арф адаг къахы, Ниуы, дзыпадзы, кæуы, Рагон бæлæсты фæлдахы, Уый раз цы фидар лæууы! Сызнæт и, ссæнды, лæгæрды, Не ’мбары адæмы рыст. Нарæг хид уымæн -~йæ сæрты, Чи хæссы ууыл йæ ныфс!..
Лыгъдæттæ хидыл хæлæфæи Размæ тыгуырæй бырсынц. Лдæмæй, фосæй, фæллæйттæй Пацъаны гуылфмæ кæлынц. Мæиæ та къамбецтыл, галтыл Агтæ, чырынтæ — уæргъбаст. Дзон-дзой куы кæнынц фæлладæй, Асхъиудтой донмæ æваст. V Уанел у къаниæг хъæу, рапдзаст, ’ Й ’алыварс — тæрс æмæ наз; Джсрмугъæн хуры тып бакаст,— Хъазæн уæрæх фæз — йæ раз. Хъæуæн йæ астæуты знæтæй Комыдон ирдæй тæхы. Калы йæ фынчытæ къæйтæм, Бур хъуына дурты æхсы. Лыгъдæттæй фæсвæддаг иу ус Бастади, нал у йæ бон: Суынгæг йæ зæрдæ, ныффæлурс, Агуры адæргæй дон. Чи йæм фæкæса йæ тыхсты? Чи йæм фæдара йæ цæст,
Кæд æмæ пемæ уыДЫстЫ Ие ’нахъом сабитæ-’рмæст? Ус ма нæ дыууæ хъæбулмæ Дзуры рæпдаугæ сындæг: «Лыгъдæтты фæстæ, мæ хуртæ, Уайут уæхæдæг цæрдæг! Æмæ нæ хъæуккæгты ссарут! Фидар фæлæуут зынтæн! Араст ут! Ам мæ ныууадзут, Знаг кæд нæ бафхæрид мæн!» Сидзæр æфсымæртæ иумæ Мадæн хъæбыстæ кæнынц. 'Руагътой сæ сæртæ йæ риумæ, Стæй йьш «хæрзæбон» зæгъынц. Æфсад æрбаййæфтой мады, Иу æм дзы фездæхта бæх,— Къæхты бын сау рыг ыскалди, Цæфхæдтæ акъахтой зæхх. Ус ма йæм бадардта, хъавгæ, Къухтæ, кæны йын лæхстæ: «Хорз лæг, тæригъæд мын бакæ! Ма ныццæв, ма, мæн рæстæй!» Знаг æм æхсаргард ысласта — Акалдта хурмæ цæхæр. Иу цъыкк уæлбæхæй нылласга — Атахти усæн йæ сар.
Мæнæ-ма царциаты диссаг! Бавзæрста не знаг йæ тых. Раджы Мамаи, уæд Чингисхаи Иры куы ныккодтой пырх, Усы уæд ничи иыццавта,— Уый сæм-иу худипаг каст. Лбоп Джугъели ныккалдта Сидзæрты мадыл йæ маст. VI Сармадзан кæмтты ныпнæры. Хæхтæ æмызмæлд кæнынц. Арты цъæх пиллои цæхæры Нæмгуыты схъистæ тæхынц. Бæстыл бæзджып фæздæг атыхст, Ресмæ фæхæссы фыдуац: Фидæрттæм сау фыдгул бахызт, Самæсти тугæй йæ арц. Ссардтой дзы бирæтæ с’ адзал, Баййæфтой адæмы маст. Иннæты иигæны уазал Карз тохы бауагъта тас.ч Фæлæ нæ сахъгуырд хæстонтæм Нал баззад гилдзытæ фаг. Урс бирæгъ рагæй ифтонг уыд,— Урс бандæ — адæмы зиаг.
Бархийыл хæцæт æфсæдтæ Къордгай Цæгатмæ цæуынц. Сидынц сæ хæстон æмбæлттæм, Зæрдæты стыр ныфс ’хæссынц. VII Ресы бын судзы цырынæй Фугæйы къалиутæй арт. Бадынц йæ фарсмæ тыгуырæй Адæм — æххормаг, æнкъард. Чи дзы йæ кæрцыл æрхуыссыд, Дуртæ йæ нывæрзæн — конд, Чи та йæ тухитæ мысыд, Адзæгъæл дардыл йæ зонд. Цъититæи ирдгæ æрснмы. Арт дæр ысуадзы фæздæг. Уæларты аджы æхсиды Хъоло, цæхæра, хуырхæг. Мигъты къæм арвыл пæ зыны, Стъалытæ калынц цæхæр; Бонвæрнон рагъмæ фæтырпы. Азæлы донæн йæ хъæр. Цалхыдзаг, уайсадгæ, тулы Арвæн йæ астæуты мæй, Сæрттывтой фæзЧæ ’мæ къултæ Мæйæи йæ фæлурс тынтæй. • 17 Плиты X. 257
Дымгæ йæ бæхыл ысхъазы.,. • Адæм фалладæй хуыссынц. Дардæй æхсæрдзæн дзыназы, Гоби-къæдзæхтæ хъæрзынц. Мад ма йæ хъæбулты фондзæй Батыхта иымæты хъарм: Тарф фынæй баисты стонгæй Йе ’нахъом сабитæ ам. - Хорзæй хъæбатыр Дзæрæхы -Хохæгтæ сеппæт зыдтой; Тохы уыд фидар къæдзæхау, Адæм æй раст лæг хуыдтой. Диссаджы кусæг, сабырзонд, Алчи йæм кодта хæлæг, Арæхстджын, тасаг уæнгты конд,— Йе ’мгæрттæй дардта бæрæг. Бннонтæн уый уыд сæ дарæг; Галау уæхскуæзæй куыста. Дугъы-иу —- раззагдæр барæг; Мил-иу рæстдзæвин æхста. Заводмæ кусынмæ ацыд. Уым дæр уыд кадджын, нымад. Бамбæрста, бæстыл кæй разылд Ныр революцийы рад. Калакæй Хуссары Ирмæ Партийæ уый уыд æрвыст, 258 \
Дарддæр Гуырдзыимæ иумæ Сусæг цæмæй уа сæ куыст. * * * Рустæм ныййарæг лæбуры Æмæ йæ хъарæг цæуы. , Дзыкку бындзыггай рæдувы, Уæрджытæ хойы, цæвы. Фехста йын меньшевнк-тугдзых Абон йæ иунæг фырты. Цæнгтæ йæ фæрстыл æртухы, Зæххыл дæлгæмттæ кæны: «Оххаи, мæ царды ныфсдæттæг, Ме ’рттиваг стъалы, Дзæрæх! Знаг дæ фæкодта фыдвæззæг, Баззад дзæгъæлæй дæ бæх. Цæй-ма, куыд иæ кæнои хъарæг! Мастæй мæ зæрдæ — тыппыр! Чи ма уыдзæни нæ дарæг? Авдæй цы кæндзыстæм иырг Айсæнт нæ судзгæ тæригъæд, Бабын уа, уастæн, сæ сæр. Махау дзæгъæлæй фæниуæнт Уыдон ныййарджытæ дæр.
Мæнæ / Сæлпмæт — дæ хойæи Зæрдæ йæ риуы иыддур, Дунейыл бамыр æмбойны, Батар-и ууыл йæ хур». VIII Бады æнкъардæй Сæлимæт, Нал хæцы цæстыл хуыссæг. - Ие ’гъдау æмæ йын йæ сурæт Никуы ныффысдзæи фыссæг: Дондзастæй цæстытæ змæлынц, Ферттивынц стъалытау, раст. Дзыккутæ зæххыл ныдзæвынц, Бурбыи хæрдгæ быдæн — баст. Сатæгсау—йе ’рдын ’æрфгуытæ. Уадултæй мæйтæ кæсынц. Дейджызы хъазау — йæ хъуыртæ. * Риутæ къуыбыртæй лæууынц. Даргъ нарæг астæу, гуырвидауц. ’ Базмæлынц былтæ сындæг. Дæндæгтæ митау æрттивынц, Сау ыстъæлф русыл — бæрæг. , Цагъта-иу хъазты фæндырæй, Симынмæ —денджызон хъаз. Уымæ-иу хохæй, быдырæн Курджытæ цас цыдис, цас!
Чи-иу цæстмæ митæй кафты Хъаматæй систа дзæхст-дзæхст. Чызг дæр-иу зилдухыл бафтыд, Ууыл нæ хæцыди цæст. Чи та йæ саулохыл хъазыд Фæзы Сæлимæты цур, Чызг-иу сæм худгæ нæ разынд — Уымæй сæ зæрдæ ныддур. Иуæн дæр разы иæ кодта, Никæмæн бавæрдта ныфс, Зæрдæ Махарбеджы домдта, Цæстытыл уади йæ хуыз. Фæидыр æрбайста Сæлимæт, Хъарæджы цагъд дзы кæны, Тынг æй æрбалхъивы риумæ. Цæссыг фæрдыггай кæлы. Уайынц йæ цæстытыл, уайынц Уарзон Махарбег, Дзæрæх... Сагъæстæ уæлдæфы тайынц, Хъусы сæм айнæг-къæдзæх: — Афонмæ балгай уæ сæрмæ Сынтытæ зилдух кæнынц. Ие та уæм мæйдары хъæдæй Стонг сырдтæ смудгæ цæуынц. Бонвæрнон, стъалыты ивæг, Чи зоны, федтай сæ ды.
Ракæс-ма, ма фæкæн зивæг, Туджы кæм ысты æвдылд! , Арвæн йæ уæрæхтыл тулæг, Цалхыдзаг, ленкгæнæг мæй! Ахсæв дæуæй дæн æз курæг,— Бамбар мæ сагъæстæ, цæй. . Афæлгæс туджы ’вдылд зæхмæ! Фаг-иу мæ бæсты фæкæс Уарзон Махарбег, Дзæрæхмæ. Бафыстой кадæй сæ хæс. Аскъуыйай, атъæпп уай, айнæг! Дзурын дæуæн дæр мæ хъаст. Хурсыгъд сыфтæрау куы ’руайын, Не ’мбарыс, нæ, ды мæ маст. Урсдзыкку уазал æхсæрдзæн, Калыс мæнау ды цæссыг, Гъеныр мæнæйуый куыд цæрдзæн Ракалд мæ царды мæсыг! IX Уайы Æррадон тызмæгæй, Къæйтыл хъуырдухæн кæны. Хъуысы хъæлæба хæстæгæй. Арты сырх пиллон кæлы.
Стигъджытæ цалдæрæй бадынц. Стонг сырды цæстæй кæсынц. Марынмæ, бансыныæ хъавынц, Дардыл уыпаффæ хæссынц. Мæнæ сæ фарсмæ — сæ бæхтæ, Идæттæй бæлæстæм — баст. Ауыгъд — сæ уæйлаг нымæттæ, Хотыхтæй — йедзаг сæ раз. Рагæй сæ митæ сты хъуыстгонд. Нæй сæм лæджы зæрдæ, ’гъдау. Бастыгътой лыгъдæтты дысои. Ратардтой ардæм рæгъау. Карз арахъ бацыд сæ сæрты. Физонæг уæхстыл фыцынц; Кæсдæр сын нард фыд æркæрды, ’Нæ мæтæй минас кæнынц. Урсытæн кодтой лæггæдтæ, Мулк дæр ыссывтой сæ фаг. Амыдтой знаджы æфсæдтæн Сырх партизантæм фæндаг. Уыдон — гадзрахат, уæйгæнæг, Жгъентимæ хастой ныхас, Уымæп — йæ зæвæттæ стæрæг, Ахуыр къæбылайау, раст. 263
Уый сын Жордания1 загъта, Уымæи уыдысты æлхæд. _ Уый дзырдæй лыгъдæтты цагътой,— Бирæтæ фесты æвæд. > ’ Бадынц гæрзифтонгæй хъæды... Хисдæр сын дзуры; — Цæуæм! Ахсæв цæмæ бадæм уæгъдьь Исты амал та кæнæм! . Ресы бын лыгъдæттæ джиуынц. Уым и Сæлимæт дæр, уым, Стъалытау цæстытæ ’рттивыпц. Хуры цæсгомау — йæ уынд. Цæй-ма, Тасолтан, куыд зæгъыс?! Махæн ныр уырдæм — фæндаг! Уыцы бæлоны куы ’рхæссис,— Кафид дæ зæрдæ, хæрзаг! Уый дыл-иу авæрдта фаутæ, Уый дæ нæ хаста сæрмæ, ’ Ыикуы дæм ракасти уатæй, Гъеныр йæ рохтæ — дæумæ! 1 Меньшевикты хицауады сæргъ- лæууæг.
х ^ . Барджытæ мæйрухсы уайынц, Цæст сæ æвзары дзæбæх; Цæфхæдтæ стъæлфæнтæ скалынц, Ризы сæ къæхты бын зæхх. Сауарæзт сæргътæ — сæ бæхтыл, Æхтæнгтæ — фидар, æлвæст, Гилдзытæ — ауыгъд сæ рæгътыл, Хъамайæ, топпæй — æххæст. Разæй Тасолтан ыскъæры, Гопмæ æртасыд йæ гуыр, Сау худ — къæбæлдзыг — йæ сæрыл, Ивазы размæ йæ хъуыр. Бæхæн нысхъæл и йæ бæрзæй, Барæджы риугæрон — сæр, Систы сæнт урс фынк йæ фæрстæ. Азæлы цæфхæдты хъæр. Тоны йæ рохтæ йæ тыхæй; Къæбæлтæ ’ууилы, хæры; Хъуысы сæ зыланг йæ дзыхæй, Уарийау комы тæхы. * * * , Чызгмæ æргæпп кодтой бæхтæй. Анæрыд топпы гæрах...
Бннонтæ скуыдтой фыртæссæй, Нал сæ уыд туджы æртах... Тæссæй ныккæрзыд Сæлимæт; Афтæ уынæргъы сæгуыт. Базыдта йе сæфт, йæ хъысмæт, Аууоимæ балыгъди цырд. Уайтагъд Тасолтан ныццавта Уарийау чызгыл йæхи, Фндар æй фæсарцмæ баста.,. Бæхыл хъуырдухæн цыди. * * * Уайынц гæпдугъæй сæ , бæхтæ, Хъуысы сæ фындзтæй æхситт, Уæнгтæй æрлæдæрсы зæхмæ Сапоны фынкау сæ хид. Даргъ дзыкку сæрыл ныппыхцыл — Удхар Сæлимæт кæны, Суайы лыстæг хуыр йæ ныхыл, Æмæ фæлмæцы, кæуы. Дæндæгтæй къухтæм лæбуры, Бæхæй æппары йæхи. Барджыты раздзæуæг дзуры: — Айсæм уал хъæдмæ нæхи! Банцай дæ куыдæй, къуыдайраг! Цин кæнай хъуамæ,— зæгъы,
/ Бæхы ныццæвы йæ барæг. Бæх дæр та уадау тæхы. Ниуы хæкъуырццæй Сæлимæт: \ «Гауыртæ, суадзут мæ, тагъд!..» Иуварс æрбазылдта нымæт, Хъамамæ скодта йæ хъавд. Барæджы сау хъама сласта, Феуæгъд уал кодта йæ баст Æмæ йæ сонтау фæсагъта , Йе знаджы зæрдæйы ’васт. Стæй та Тасолтаны фарсæй \ Дамбаца фелвæста цырд. Барæджы фесхуыста саргъæй,— Расхъиудта, баци æмыр. Айрох и чызгæй йæ ниуын, Разынд хъæбатыр, уæндон. Фехста... йæ фыдгултæй иуыл Батар и уайтагъд йæ бон. Саргъыл Сæлимæт æрбадти, Идоныл фидар хæцы. Саулох æнæцудгæ уади. Комы сæт зæхмæ кæлы. Сурынц æй цалдæрæй иумæ. Бæхтæн сæ лæнк-лæнк цæуы... Бацыди тасы Сæлимæт, Бæхы æнæвгъау тæры. 267
Асаст йæ хъару йæ бæхæн, Гъестæй æвиппайды ’рхауд. Чызг уæд æргæпп кодта зæхмæ. Саулох фæхуыдуг, фæмард. , Æмæ Сæлимæт ныррызти. Арцау йæ сæрыхъуын сбадт.1 Иу сыбыртт дзыхæй нæ хъуысти. Тар ныв йæ цæстытыл уад. Зæрдæ йæ риуы фæтоны, Зæрдæ нæ уромы маст. Азгъордта рындзы кæронмæ. Арф комы донмæ ныккаст. Абухы ивылд дон арсау — Диссаг кæлæнтæ фæци. Мæнæ Сæлимæт кæсагау Гуылфмæ нывзылдта йæхи. * * * Дон ын йæ дзыккутæ фасы, Æмæ йыл марой кæны... Тар хъæдæй сидахъ ныууасы, Уыг дæр æнкъардæн кæуы. 1931—1932 азты.
ФÆНДАГ I Айнæг-хæхтæн, сау къæдзæхтæн Тар, хъуынтъызæй у сæ каст. Уый цы дзурынц цымæ ’врæгътæ Цымæ сын цы кæиыиц хъаст? Цымæ уый цы згъæлы ихау? Комы Леуахи цы смал? Ризы хох, фæвæййы джихау,— Айнæгæн йæ сиукъ æркалд. Дуры дур йæ разæй суры; Къæдзæх рафæлдæхт, кæс-ма! Гуыпп æмæ гыбар-гыбурæй Хъустæ бавæйпынц къуырма! Уый ныр арв, мыййаг, иæ иæры, Мигъ нæ ныллæууыд уырдыг,— Кусджытæ уый хæхтæ гæрдынц, Сыстад зилдухгæнгæ рыг. Æмæ се ’хсæн ерыс райтынг, ’ Мачи сæ уа, ма, фæстаг!
Бон., æхсæв æппын иæ хатынц, Хаэхтæм аразынц фæндаг. Дон ныр нал хойдзæни къæйтыл Барæджы æд бæх, æд уаргъ, ’ Фæндаг айтынг хæхты фæхстыл, Кæс, æмвæтæнæй ныддаргъ. Уый куыд хорз фидауы къултыл!— Цыма арвырон у, раст, Рæвдз ызгъордзæн уым хæдтулгæ, Уый фынгау у лæгъз, æдас. Уартæ Ручъы фæстæ хъуамæ Тъунел байгом кæна дуар; Уый у цины уац мыггагмæ, Уыи æрхæсдзæн махæн фарн. * * * Æрæхсæв. «Авд хойы» æрснмынц, Хæххон рæсугъд чызджытау, раст. Сæхимæ Боивæрнонмæ сидынц, Цæмæй уа хъæлдзæгдæр сæ хъазт. Цæст æрдзы нывтæ дардыл ахсы; Мæйрухсмæ бонау бæстæ срухс. Гæзæмæ дымгæ, сиргæ, хъазы. Уынæрæй кæмттæн нæй ысцух! 270
Иыззарынц кусджытæ... гæрæхтæ... * Дзæбуджы гуыппытæ иæрынц. Уæлæуæз сау ыстыр къæдзæхтæ Сæ зарджытæм зыланг кæнынц: «Багъæиут, сау хæхтæ, Фендзыстут абон!— Фарн æмæ амонд, Фарн æмæ амонд! Айнæг-къæдзæхтæ Бындзарæй фæлдахæм!— Никуы ’рцыд ахæм. Никуы ’рцыд ахæм. Бирæ æргъæмттæ-иу Хастам уæ тигътыл,— Уайдзыстут хидтыл. Уайдзыстут хидтыл. Згъордзæн уæ бынты ныр Машинæ дисæн,— Райгонд — уæ фидæн. Райгонд — уæ фидæи». * * * Ысдардта хур йæ цæст фæсрагъæй, Фæлмæн æрнывæзта йæ тын. Дон зары. Байдзаг тар хъæд маргъæй, Фæлыгъд тæргайгондæй йæ фын.
йæ тæмæны та стыр куыст бацыд. ш г Зæрондæй, ногæй гъæйтт кæнынц. Цæуы зæронд Леуаи сæ разæй. Æргæрдыиц сау хохæн йæ рыпдз. Леуан у намысджын нæ зондæй. * Иæ фæзылд — рог, йæ февнæлд — арт. Сæрæн куыд нæ уа уый зæрондæй, Кæд ногæй райгуырди йæ цард! Сындæг йæ уæззау бæлдо райсы, Æндон буры ныххафы, стæй Ныссадзы лом къæдзæхы фазты,— Ысхъиуынц даргъ къæйтæ зæйтæй. Куы та йæ уæлвæд арф ныззилы Цъæх айнæгæн йæ риуы брау, Æмæ уым ауадзы фитилы,— Иæ фæздæг слæууы хъен цыртау. * * * , Йæ аууоны нæзы бæласæн Фæллад кусджытæ бадынц ныр. Сæ ныхас — хъæлдзæг æмæ хъазæн, Леуан ма ’хсæды фалдæр хуыр. Нырма Дзæгъæлгомы уыдысты. Æрцыд фыдбылыз ам кæддæр. Леуан йæ ивгъуыд бонтæ мысы. Хъуыдыты аныгъуылд куыддæр.
\ Æрыгон фæсивæд æм дзурывц:.- «Дæхимæ кæс, кæлы дыл хох!» ’ Леуаи ныхъхъус и, сбадти дурыл, Цыма йыл сæмбæлди фыдох. Æрбамбырд фæсивæд йæ цуры, Фæрсынц æй: «Циу, зæгъ-ма нын, цæй!» Леуан сын, сагъæсгæнгæ, дзуры, Цы федта раджы ам зынтæй: II «Чъребамæ* сабийæ \ Ацыдтæн хорхæссæг, Баппæрстон бæхыл мæ уаргъ. Мемæ — нæ хъæуккæгтæ, Уыдон дæр — хордзæуттæ. Фæндаг -— зынвæндаг, иыддаргъ. Разæй, ныхасгæнгæ, Хауæнтæ хъахъхъæнгæ, Урсбоцъо Негор цыди; «...Сæрсæфæн лæбырдты Бæхтыл куыннæ бадат,— Байсафдзæн исчи йæхи». Цъититы ирдгæ-иу Зæронды зачъетæ 1 * Ныры Цхиывал. 18 Плиты X. 273
Зулмæ йæ риуыл уызта. Тухи, фыдбонтæ-иу , Рагæй фыдвæндæгтыл Хордзауæй Негор уыдта. Рухсæн ма Уанелмæ Схæццæ стæм. Уалынмæ Асадын райдыдта арв. Гоби бæрзонд хæхтæ Уайтагъд ныхъхъус ысты. Бæстæ ныхъхъуынтъыз, нытта Мигътæ, хæлбурцъгæнгæ, ’Айнæгыл атыхсынц, Аззайы хæхтыл сæ фæд. " Карз уад, къуыззитгæнгæ, Комы æрбатахти, Ризы æмризæджы хъæд. Арвырттывд... Анæры... Уары тъæпæнæгæй калæгау Их æмæ зæгъ. Къултæ — лæсæнуæттæ... Хойынц кæрæдзи æнæсцухæй Арв æмæ зæхх. Леуахи рассæста Сатæгсау лакъонæй,— Дуртæ, гуыпгæнгæ, хæссы. Былтæм фæлæбуры,
Бæлæстæ срæдувы Æмæ, гуылфгæнгæ, бырсы; ’ Махæн нæ фæндагыл Айсæфт æндзæлттæй хид, Иемæ йæ аскъæфта ’васт. Фæсвæндаг бакъахы, Къодæхтæ раласы,— Мæнæ хъаймæт, цыма раст. Ралæбырд къахвæндаг, Фестæм мах катайаг,— Нал ис æдасæй цæуæн. Ме ’мбæлттæ се ’ккæйттæм Уæргътæ æрбаппæрстой, Къахфындзтыл фæхсты бырæм. Фахс у зын бацæуæн, Къæхтæн æвæрæнтæ Хъаматæй къахæм цæрдæг. Цæй, ныр цы бакæнæм?! Пегор уæззау уæргътæ Цудгæ фæхæссы сындæг. Бæхтæ сæ цæфхæдтæ Асадзынц лæзгъæрты,— Къæхтæ дзы нал хæцынц, нал. Адæргæй фесхъиуынц. Фындзтæй ныхситт кæнынц. Дæлæ нæ бынмæ та — мал. 275
Бакæс, йæ цæстытæ Негорæн рахауынц Фондз пуш уаргъы уæзлй. Удхартæ, сагъæстæ . Сæрызонд ацахсынц, Ахæм ран «охх» гæнæн нæй. ’ Зæрдæ, мæстджын зæрдæ, , Риуы къæй сцæйтоны, Уынæргъы^ тæссæй хъæрзы. Цæсгом ныффæлурс и,— Хъæлæс ныффæсус и,— Алырдæм сайдау кæсы. «Уæуу! Мæнæ сæфдзыстæм! Донмæ фæкæлдзыстæм!»— Райхъуыст кæмæндæр йæ хъæр. Ам у куыдзæппарæн. Садзæм нæ цыппæртæ. Негорæн разылд йæ сæр. Хаугæ ма уаргъимæ Негоры ауыдтон, Бабын и, бабын, мæгуыр. Махæн дæр адæргæй Не уæнгтæ райдыдтой, Ахст цъиуау тæссæй зыр-зыр. Гъеныр йæ биионтæн Ахæм уац чи зæгъдзæн, ’ ( Уый нæ кæй зæрдæ тæры!— Кæд æмæ афонмæ
Къулсæрæй арты раз Стонгæй дзæриатæ-хæрыац... Негор, æрæнцадтæ Ацы фыдæбæттæй, Ахастай демæ дæ рис. Хурмæ дзыназдзысты Къуымты дæ сабитæ, - Згъæлдзæн мæгуырæй сæ хъис. Стыр лæбырд. Кастыстæм Уырдыгæй комырдæм. Уагътам иæ тыхстæй цæссыг. Дарддæр фæцыдыстæм Ахæм фыдвæндæгтыл... Сæрыхъуын слæууыд уырдыг. Адаггонд... Тарбын хъæд... Хæйрæг дзы бабырæд — Пыхсытыл къæхты туг калд.( Къалиутæ рацагътам, Халагъуд сарæзтам. Ссыгъди фæздæг калгæ арт. Сау æхсæв сау зæххыл Сау нымæт байтыгъта. Бур хох хъуынтъызæй лæууы. Уад-дымгæ батæхы, Бæлæстæ с^рæмудзы, , Карздæрæй-карздæр кæпы. 277
’ Сæрра сты тарст бæхтæ, Слæууынц фæстаг къæхтыл, Тæссæй сын нал ис лæууæн. Ниуын хæкъуырццæгæй. «Ма ку, тæнзæрдæ дæ!— Загъта нæ хисдæр мæнæн,— Науæд дæ цъæхахстмæ Бæхтæ тæрсгæ кæнынц, Уалынмæ срухс уыдзæн бон. Акæс-ма, цæгатмæ Мигътæ фæлæгæрдынц, , Тагъд ныр æрбаддзæни доп». Заууат уыд а бæстæ,— Хисдæр йæ хъæстытæм бахæццæ, Нал уыд мæ бон. Сонтæй мæ зæрондмæ Ме ’ккойæ хор хæсгæ, Раууатмæ ’рцыдтæн бынтон. Æмæ мæ фæсоитæн Растыгъст æргъомдзауæй,— Уалдзæг, фæззæг уа,— сæ царм. Тухи, фыдæбæттæ, Хохбæсты схъомыл дæн; Сæвæрдтой къæхтæ бæзцъар. Иры кæм н ’ахызтæн, Ахæм хох нал баззад, Зикъара, Къутых зæгъай.
Къуту-иу сафтид и,— Зæрдæ-иу скатайаг. Хохбæстæ, раууат фæуай! Бæндæн, егъау къæсса Райсын мæ дæларммæ, .Хормæ та æфцджытыл иу, Тымыгъ дæ ку ’ахæсса Рагъæй фæсцæгатмæ, Гъеуæд дзыназ æмæ ку! Мæнæ мæ урс сæрыл Уал хъуыиы нал уыдзæи, Зæйты бын цал байсæфт, цал! Чи сæ-иу агуырдта? Сæрсæфæн адгуыты? Хъызты кæм уыди амал? Сабийæ абонмæ Хъуыстон зæронд лæгтæн: «Ацæудзæн хæхтыл фæндаг». Сгæрстой-иу техниктæ, Барстой иу алырдæм, Не сты, дам, фæрæзтæ фаг. Адæм-иу сфæнд кодтой Иумæ фæндаг кæнын, Фæлæ нæ уыди сæ бон. Хи тыхтæй, хи къухтæй Сау хæхтæ байгæрдын Раджы нæ уыдис æнцон.
Адæмы сагъæстыл Гъеуæд кæй зæрдæ рыст, Чи-иу сыл кодта, чи, мæт! Тар дуг æгъатыр уыд, Уый сыл йæ дзæмбытæй Алкæд æвæрдта къæлæт. Загътон-иу: «Гъæй-джиди, Хæхтæм уæрдоны цалх Искуы куы тулид цæрдæг,— Скæсид иыл царды рухс, Хæхты зæфцыфыдæй Нал сæфид хордзауæй лæг. Сифтындз дæ саулохаг, Алас дæ базайраг, Гъе стæй дæ хæдзармæ здæх. Афтæмæй, заргæйæ, 'Хсæв дæр, æхситгæнгæ, Буцæй, зæрдæрайгæ, тæх». Афтæ йæ хъæстытæ Зæронд лæг ракодта, Ферхæыдæг æмæ ныхъхъус. Коммæ йæ цæстæнгас Сарæзта, аджих и, 'Рсæрфта цæссыгæй дзаг рус. Уайтагъд йæ ныхæстæм Фæсивæд банкъард и.
Загъта уæд’райгæ Леуаи: «Курын уæ, кæсдæр’тæ, .Схъæлдзæг ут! Тухи цард Не ’взæрстат никуы мæнау. Негор, мæгуыр нæ бон, Алхатт бæргæ дзырдта: «Ме ’рдхорд æмбæлттæ, мыййаг, Искæд куы амæлон, Дунейæ ку ’ацух уон, Ку ’айгæрдой хæхтыл фæндаг,— Гъе уæд мæ уæлмæрдмæ Исчи æрбацæуæд Æмæ ныдздзурæд мæнмæ: «Сырæзт уæрдонвæндаг!» Уайтагъд ыстондзынæи Ипгæны къæйтæ хæрдмæ». Сырæзт уæрдонвæндæг, ■ » Æмæ кæм фехъусдзæн Негор мæ ныхæстæ ныр! Ингæны къæйтæ дæр Уый ныр кæм ыстондзæн! Цæй, уæдæ, базарæм цырд! Фæсивæд бахъæлдзæг, фæсивæд зары: «Хæхтæ сæ мидбылты схудтысты дардыл. Хæхтæ ысдзырдтой, нæ кæнынц фъшæй. Худут, нæ урс хæхтæ, райгуырæн хæхтæ! Таргъуызæй ма кæсут, кæмттæ ’мæ рæгътæ!
Амонд æрх&стæг и, амоид, фæриæй. Ацы фæндагыл уæм амонд фæцæуы, Амонд куы фæцæуы, фæсвæд нæ лæууы. Амондæи арфæ! Уромæн ын нæй». Зарæгæй арауынц кæмттæ ’мæ рæгътæ Цъша сæ мидбылты схудтысты цинæй, Уыйау уæйгуытау фæлгæсынц нæ хæхтæ. Æмæ ныууылæфы айнæг йæ риуæй. Цхинвал, 1932—-33 азты.
УÆЛАХИЗЫ КАДАГ (Мæ хо Оляйæн) РАЗНЫХАС Уæлладжыргом — нæ хæхбæстæн сæ фидауц! Куыд рæсугъд у, куыд райдзаст у дæ æрдз! Дæ цъититæ сæрыстырæй фæлгæсынц, Зæрин хурмæ тыбар-тыбур кæнынц. Дæ къæдзæхтæ фыры сытау — уырынгтæ, Дæ уæлвæзты æртæхгæрдæг — зæбул. Уыгæрдæнтæ — фæтæн рæгътæн сæ фæрстыл, Цъæх гауызтау куыд фидауынц рæсугъд! Дон арауы уынгæг комы, ыссæноы. Рæуæг уддзæф æрбадымы фæлмæн Ам хъæлдзæгæй колхозон фыййау зары, Цъæх сæрвæты йæ фосы дзуг ыспырх. Сæ зад цæнгтæ Уыналы дыргъ бæлæстæн Уæздангомау зæу-зæугæнгæ лæууынц. Дæ сау хæхты — æвидигæ хæзнатæ: Цæйбæрц сæ ис сызгъæрин æмæ зды! Æхсиды куыст ныр Садоны, Мызуры, Хæдтулгæтæ лæгъз фæндæгтыл тæхынц. Кæннод дæ Цъæй æвдадзы хос куыннæ у! Иæ нæзытæ чындздзон чызгау — фæлыст.
Лм алцы дæр йæ хуыз æвдисы ногæй. Лм худы цард, ам зæрдæ фесты маргъ. Æрмæст ма ам хæрз иунæгæй, æнкъардæй, Бызы мæсыг хъуынасæрæй лæууы; Уæззау тохты нысан æмæ æвдисæн — Нæ фыдæлтæн сæ фидаркъул гæнах. Изæрыгон зæронд баба æрбады, Йæ кæсдæртæн уый таурæгътæ кæны: Цытæ цыди Уæлладжыры хæхбæсты, Куы нæма сиу Уæрæсеимæ, уæд. Куыд-иу бырстой, куыд, бадилаты хъалтæ Уæлладжырмæ зыд бирæгътау æдзух, Æмæ-иу уæд Уæлладоюыры фæсивæд Куыд нæ хаста æгаддзинад сæрмæ, Куыд-иу хъахъхъæдта хотыхтæй йæ бартæ, Куыд-иу кодта йæ фыдгулты дæрæн! Нæ фæсивæд, нæ цæхæрцæст кæсдæртæ, Æрбамбырд ут, æрбайхъусут дзæбæх! Мæнæн баба цы хабæрттæ фæкодта, Гъе уыдæттæ мæн радзурын фæнды.
ФЫЦЦЛГ ЗЛРÆГ Сылтаныхъы тыгъд быдыры Бæрзонд фæцыд тæгæр бæлас; Дард айтыгъта йæ къабæзтæ, Арф ъуагъта йæ уидæгтæ. • Дзагæфсирæй сырх мæнæугæ Æркъул ысты йæ алыварс; Къахвæндаг æм ныддæвдæг и, Къулæгæй хост уæлхæдзарау; Йæ быны та егъау зиллакк, Хæххон мусау ныхъхъæбæр и. Бадилаты мыггæгтæ-иу Тугъантæ, уæд Хъарадзаутæ, Хъуыбадтæ, уæд Абысалтæ, Хъабантæ ’мæ Цæргæсатæ Фæкæнынц ам уынаффæтæ... Ныр дæр та дын, сæ рагбонты Ныббырстытыл иыхасгæнгæ, Рабадтысты куыд-хисдæрæй. Сæ хъал бæхтæ цъæх кæрдæгыл
Хизынц иуварс. Æвзист сæргътыл Хъазынц хуры хæрдгæ тынтæ. Фæсдзæуинтæ, кæвдæсæрдтæ Бæхтæм дарынц сæ цæстæнгас. Ныссабыр и тæгæр бæлас, Ныхъхъус ысты йæ сыфтæртæ; Пыхцыл æмæ тызмæгхуызæй, Уынаффæйы зæронд лæгтæн Æнцад хъусы сæ ныхæстæм. Бæласы ’нцой тъæпæи дурыл Сæрæй бады Хадзымырзæ. Тарæрфыгæй, йæ сæр тилгæ, Зæхмæ ныджджих æдзынæгæй. Цæйдæр сагъæс, цæйдæр мæстæй Йæ ныхы царм æрбанцъылдтæ. йæ разæй-иу йæ заманы Бадилаты фæсивæдæй Кæй уагъта, кæ, тыхы заман? Кæм’ма йæм ис уæды фезмæлд!—- Йæ хъаруйæ фæцудыдта; Ныззæронд и, æрттивынц ма, Дзагъулгæнгæ, цъæх цæстытæ. Иæ дæллаг фарс кæдзлæдзæгыл Абысалты зæронд Елхъан Æркъул кодта йæ гæмæх сæр; Фосы дзугтæ, бæх-рæгъæуттæ Куы ауайынц йæ цæстытыл, Уæд бахуды йæ мидбылты.
Йæ дæле’та —фыдцъылыс лæг Къæсхуыргомау Саламджери. Иæ нывæфтыд сау лулæйæ Фæздæг зилы цæгтæ-цæгтæй. Уый дудахъау йæ даргъ къубал Æрбазилы сæ хисдæрмæ Æмæ сындæг йæхинымæр Кæны цинæй дыбал-дыбул: «Тæхуды ’мæ нæ хисдæрæн Иæ бæсты ныр æз куы уаин, Уæд самонин нæ кæсдæртæн Тых кæнынмæ рæсугъд фæндаг. Чызджы рæсугъд, чындзы дзæбæх, Хъамбулуæраг лæппулæгтæ Æмæ ’взаргæ бæх-рæгъæуттæ Семæ дзæвгар æртæриккой». Лæууынц дæлдæр сæ кæсдæртæ, Дывæрсыгæй, фæрсæй-фæрстæм. Чи йæ синыл, хъуыдыгæнгæ, Иæ къух тъæпæн æрæвæрдта; Чи базмæлы йæ мидбынат Карды сæрыл æрхæцгæйæ; Чи ’руагъта й ’арм уæззаугомау Дамбацайыл фæлдæхтдысæй. Кæсдæрты раз — сæ ныфсдæттæг, Сæ кад, се ’хсар, сæ балхон лæг — Хъарадзауты хъал Мысырби, Саурихиджын, саузачъеджын, Бæрзонд, æлвæст — йæ уæнгты конд,
* / Урс къæбæлдзыг — йæ уæлдзарм х.уд, Тæбыи цухъа, дари куырæт, Ногуард мнтау сты урс-урсид. . • Фæлмæи сæрак сырх зæнгæйттыл —- Думæдаптæ, хæрдгæ хуыдтæ. , Фæтæн хъама — æвзистæхгæд, Къæдз æхсаргард — йæ астæуыл, Дамбацабос — йæ хъуырыл конд, . Иæ къуымбылтæ — алдымбыдæй. Иæ фарсмæ та — йæ хæрæфырт — Тугъаны-фырт Дударыхъо. Стæры цыды, ныббырстыты — Иæ ныфс, йе ’хсар — йæ рахиз цонг. Инпæрдыгæй — бæзæрхыг лæг, Гуымирыгъуыз, ’æлхынцъæрфыг, Дурзæрдæ ’мæ хъæрццыгъа ’нгæс Хъуыбадты схъæл Бечмырзæ дæр. Хадзымырзæ йæ кæсдæртæм Æрбазылдта йæ цæстæнгас: — Нæ фæсивæд! Нæ фæсивæд! Хæссут бæрзонд фыдæлты ’гъдау! Уæ хъару ’мæ уæ лæджыхъæд Нæ фæлтæры фæлтæртæн дæр _ Фæзминагæн куыд баззайой! Нæ байзæддаг! Нæ ныфсы сæр! Размæ царды бырсын хъæуы! Æрцыд та нын ныр хорз фадат,
Хæтæнты та фæфардæг уæм. Нæ кад махæн — бадилатæн Æрвнæрæгау куыд ныниæра, Æгас бæстыл куыд айхъуыса. Хъуамæ тынгдæр нæ дæлбартæн Сæ рохтæ мах æрбалвасæм! Хъалонфидæг сау адæм нæм Фæуой хъуамæ дзæвгар фылдæр, Сабырæй та нæ фæндоныл Чи нæ цæуа, чи ызмæнта, Уыдон хъуамæ тыхы руаджы Æрцæуой саст æгъатырæй. Иæйи, йæйи, нæ байзæддаг, Мах-иу афтæ уæ цахъæнæй Æнцад-æнцой нæ бадтыстæм, Дард-иу айхъуыст Ирыстоныл Не стæры кой, нæ кæрдты ’хситт; Æртæлæтгонд рæгъæуттæ-иу Нал цыдысты нæ ддрæнты, Гандзамæ-иу ныууæй кодтам Уацайрæгтæн сæ уæлдæйттæ, Хъуытазхъæлæс чызджытæн-иу Нæ кадыл уæд — сæ зарджытæ. Ныр сымах та ауал азы Хæтæнты дæр куы нал вæййут. Худинаг уæм куыд нæ кæсы! Нæ цыты кой, нæ лæгдзинад Не ’мсæрты ’хсæн цæмæн сæфа? Гъеныр уæдæ мæ кæсдæртæ, Стæры цыдмæ ысрæвдз кæнут, Æрмæст хъæуы фæлыг кæиын,
Цы раНмæ та фæцыдæуа? Мысырби, ды фæсивæдæн Сæ фæнд базон — цы зæгъдзысты? Мысырби дын сæрбæрзондæй Къахдзæф раздæр уæд ралæууыд, Æмæ загъта сæ хисдæртæн: — Кæнут фæрнæй уынаффæтæ. Уæ зæрдæ ныл нæ фæхуддзæн. Уæ фæндонтæ кæддæриддæр Уæ кæсдæртæ — æххæстгæнæг. Зæроид Елхъан фæцæрдæг и, Фæирд кодта йæ цæстытæ, Æмæ загъта йæ уынаффæ: — Фæцæуæм та, цæй, Рацъырдæм! Цæргæсаты Саламджери Иæ ныхас рог æрбаппæрста: — Хуыздæр уыдзæн —Тæгиатæм! Бечмырзæ уæд ныллæуыди Куырттатырдæм лæбурыныл. Афæрсы йæ Дударыхъо: — Цымæ нæхи Дыгургоммæ Аивдæр нæу æвæлмонæй? — Ау, уый та куыд? Иу рувасæй Не стыгъдæуы дыууæ цармы. ’ Уæ хорзæхæй, цы ма домут Хъалонфидæг Дыгургомæй?!—
Дзуагш куы ратты Хадзымырзæ, Зынæрвæссон, ныххудгæйæ. * Мæхæмæт дæр ныуулæфыд: — Фæлтау хъæздыг Кæсæджырдæм, Гъе науæд та Погъайырдæм! Уæд куы загъта Хадзымырзæ: — Уаих фæуат!.. Æрра сыстут?— Кæсæгмæ та куыд лæбурут? Цы нæ дарынц Биаслантæ? Нæхи ’мхуызон уæздан адæм. Ногъаймæ... уый — æндæр хъуыддаг, Бырсут-иу сæм кæддæриддæр. Мысырби сæм уæд бадзырдта: — Уæлладжырмæ! Уæлладжырмæ! Фыдæи-фыртмæ нæ ныхмæ сты, Пæ сæм вæнйы иымады дæр Пæ уæздан туг, нæ уæздан ном. Басæттæм сæ! Куыд иын ысой Хъалоифидæг, нæ дæлбартæ. Ходæй суанг дæр Мызуры ’хсæн, Цы Хъивопы хизæпуат ис> Уым хъуамæ уой нæ рæгъæуттæ. Сæ фæндтæ ’мæ сæ ныхæстæ Нæ бадтысты кæрæдзийыл. Радзуры сæм Хадзымырзæ: — Цæй, барвитæм минæвæрттæ: Хъарадзауты Мысырбийы, Абысалты Мæхæмæты
Кадджын хисдæр Айдемырмæ! Фæдзурæпт ын нæ хабæрттæ, Базоиæит ьш йæ уынаффæ! Фыдæлтæй нын æгъдау баззад Зондæй фæрсыи иæ хисдæры. Æизæрст лæгтæ Дур-Дурырдæм Тугъанты куырм Айдемырмæ Саргъы бæхыл фæрсæй-фæрстæм Цапуал цыдæй фæцагайдтой. 292
ДЫККЛГ ЗАРÆГ Тугъаитæи уыд сæ уазæгдон Ыстыр æмæ хъæздыг арæзт. Рабадти-иу куырм Айдемыр Уым рæбынæй уырындыхъыл; Ныллæгхъусджын — йæ дзабыртæ, Фæлмæн сæрак — йæ зæнгæйттæ, Морæ цухъа — ирон тынæй, Сау зæлдагæй — йæ даргъ куырæт, Сæгуытдзармæй — тæнæг цъупхуд; Уырындыхъæн йæ хæд сæрмæ Ауындзæнтыл рæгъæй-рæгъмæ — Йæ хотыхтæ, йæ буц фæлыст: Уæилаг нымæт, цъæх басылыхъ, Йæ ехс, идон, æвзистгопп саргъ. Минæвæрттæ кулдуары раз Саулох бæхтæй æрхызтысты, Сæ фысымты кæсдæртæй сын Иу сæ бæхты сатæг раны Бæхбæттæнтыл рæвдз абаста, Иннæ та сын уазæгдоимæ
Сæ хъримæгтæ, сæ нымæттæ, Сæ ехсытæ куы баскъæфта. — Мидæмæ ут, нæ уазджытæ,— Загъта сын уæд аниæ кæсдæр, Æмæ’’гъдауыл сæ хæд разæй Лив бахызт уазæгдонмæ, Лмоны сæ Лйдсмырæн: — Уазджытæ нæм, нæ буц хисдæр, Мæсыгхъæуы Хъарадзаутæй, Хæзнидоны Лбысалтæн! Салам ратты Айдемыр дæр: — Æгасцæуат, нæ уазджытæ!— * Иæ бадæнæй ысцæйыстад. N — Айдемыр, бад, дæ хорзæхæй! Дæ бонтæ хорз, нæ зонды лæг! Салæмттæ дыи нæ хисдæртæй, Æрвыст ыстæм дæ кæсдæртæн!— — О, фæцæрат мæ карæнмæ, Кад чи кæны зæронд лæгæн! Табуафси, æрбадут нæм, Фæкæнут мын уæ хабæрттæ! Уазджытæ дæр, фæткмæ гæсгæ, Дамбацатæ, æхсаргæрдтæ Балæвæрдтой уæд кæсдæртæм. Уыдон дæр сæ фæрсæй-фæрстæм Сæ рагъæныл æрцауыгътой,
Сæ уазДжытæН сæ дæллаг фарс Æгъдаудæттæг æрбалæууынц. Мысырби дын дзырдарæхстæп Уæд бадзуры Айдемырмæ: — Фарн дæм дзурæд, нæ буц хисдæр, Зондфæрсæг дæм Æр^цыдыстæм, Фæндтæ кæнынц дæ кæсдæртæ Искæцырдæм иыббырсыныл: Уæртæ Рацъмæ — сæ иуты фæнд, Уæд се ’ннæты — Тæгиатæм, Иннæтæн у Куырттатырдæм. Аннæты зонд — Кæсæджырдæм; Ис дзурджытæ Ногъаймæ дæр, Сæ фылдæр та — Уæлладжырмæ. Курæг дæ стæм, разагъды лæг, Куы нын зæгъис дæ уынаффæ! Айдемыр уæд уырындыхъæй Сындæг сыстад лæдзæджы ’нцой, Ие ’нцъылд цæсгом æрбарухс и: Иæ рагбонтæ æрбаймысыд, Ауадысты йæ цæстытыл, Ныууылæфыд æхсызгонæй, Иæ зачъетæ сабыргомау Дыууæ къухæй æрлæгъз кæны, Æрвыст лæгтæн уæззаугомау Ныхас кæнын куы райдыдта: — Мæ кæсдæртæ, уæ уынаффæ Фæцыди тынг мæ зæрдæмæ, Фæлæ афтæ ныффæнд кæнут:
Дзæбæх тæлæт куыд фæкæнат, Фыдбылыз дæр куыд иæ ссараг... Рацъырдæм та фæцæуиккат,— Уырдæм бирæ фæлæбурдтат... Куы сихсыди бæхрæгъауæй... Фæцæуиккат Тæгиатæм,— Уый н ’амоны нæ туджыхъæд,— * Тæгиатæн сæ мады ’хсыр Куы нæма ссур нæ донгæмттыл, Уыдысты-иу фыдæй-фыртмæ Нæ хъанхæссæг, нæ рæвдауæг. Сæ фæрцы ныр нæхицæн дæр Куы цæуыиц арф нæ уидæгтæ. Фæцæуиккат Куырттатæм дæр,— Мыййаг, фæсмон куы фæкæнат, Сæ сæрмæ ныр цы-фæнды маргъ Атæхын дæр куы нал уæнды. Сау зæххыл сын мысты фæд дæр Æнæссаргæ нæ ирвæзы. Тыхгæнæг сæм куы бабырсы, йæ ныхмæ уæд фæфæдисæн Сæ дугъæттæм хъæбæрхорæй Æппынæдзух куы фæзилынц, Се ’ууæрст бæхтыл сæ сагсуртæ Сæ фыдгулты мæйдары дæр Сæ бынæттæм куы фæсурынц. Фæцæуиккат Кæсæджырдæм,— Уый ие ’гъдауы нæ фидауы,— Семæ рагæй æмцард кæнæм. Бахъуаджы бон нæ ныфс ысты.
Фæцæуиккат Уæлладжырмæ,— Туджы зæи уæ фæласдзæни; Нæртон æхсар сæ туджы и, Уари сæ стæг куы нæ скъæфы, Карды коммæ сæ ных дарынц, Топпы дзыхмæ сæ риу хæссынц. Дардыл нæрыд мæ заманы Бызыхъæуккаг Бутайы-фырт Тæгайы ном, Тæгайы кад. Æз уыимæ Уæлладжыры Иу хатт кæнæ дыууæ хатты Нæ сæмбæлдтæн лæгæй-лæгмæ Тыхы бонты, ныббырстыты. Ахæм домбай тæгатæ та Тынг бирæ ис Уæлладжыры: Нæ къухы-иу ницы бафтыд,—* Фæстæмæ-иу æрцыдыстæм, Тугвæдгæнгæ, афтидармæй. Сæ фæйнæгфарс кæсдæртæн дæр Иыр къаддæр нæу сæ лæгдзинад. Кæмдæр, зæгъынц, дисæн баззад Иæ зонд, йе ’хсар, йæ хъаруйæ Тæгайы фырт Аслæмырзæ. Æмæ куыннæ! Цы диссаг у Ныр уыдонæн ысгуыхтдзинад, Кæд карды хорз, кæд топпы хорз Рацыдысты Уæлладжырæй! Нæ сæм уæндынц тыхмæ бырсын Пыр Кæсæджы æлдæрттае дæр. Нæ, абабау, мæ кæсдæртæ, Нырма стæры Уæлладжырмæ
Ма сфæнд кæнут, уæ хорзæхæй!- - Абырсут уал’ Ногъапырдæм,' Сæ дзугтæ ’мæ сæ рæгъæуттæ Сæрвæтты дæр куы пæдæуыиц... Уырдыгæн нын ратæрдзыстут Сысджыйæ хаст æлвæст бæхтæ. Уæд та дын æм Мысырби дæр Æфсæрмгъуызæй куы бадзуры: —- Фарн, нæ хисдæр, дæ ныхæсты! Ныххатыр кæн дæ кæсдæртæн, ^Фæстæмæ ныр куыд аздæхæм? Дæ фæндон сыи куыд радзурæм?! Мыййаг, афтæ куы банхъæлой, Сæ тыхтыл сын кæд не ’ууæндыс! Нæ куырыхон, хъыг сын уыдзæн... Сæхимæ ’гад æркæсдзысты. Нæ лæгдæртæ Уæлладжырмæ Сæ уд хъарынц æмхуызонæй. Айдемырæн, хъуыдыгæнгæ, Ногæй ныррухс йæ тар цæсгом, Иæ фæнд загъта æрвыст лæгтæн: —, Уæдæ иугæр зæрдæбынæй Ысфæнд кодтат Уæлладжырмæ, Уæд Кæсæджы æлдæрттимæ Баиу кæнут уæ уынаффæ, Фервитут сæм, æмæ та уын Æххуысгæиæг фæуыдзысты, Фæлæ ныр та — Ногъайырдæм... 298
Стæй йæ гæрзтыл, зыр-зыргæнгæ, Уырзтæ, сгаргæ, куы рахæссы: — рьей-джиди, гъе, мæ цæстырухс, Куыд раджы мын æрбатар дæ! Куы ма ’рттивис, уæд афтæ ныр Къулыл хъуына нæ кæниккат, Мæ хъалгæнæн ~ мæ хотыхтæ, Цыдаид та уæ зыланг хъæр Стæры цыды, ныббырстыты! Мæ кæсдæртæ, мæ кæсдæртæ Цы ма кæнон! Зæрондæй дæр Балхон бæргæ æз уыдаин, . Фæлæ ма цы! Ныссаугуырм дæн, Мæ дуне мыл ныммæйдар и... Ныууынæргъыд цæф сæгуытау, Ныхъхъæрзыдта мæлæг лæгау, Ныуулæфыд зæрдæбынæй, Æмæ та ног куы радзуры: — Уæ балцы уын, нæ фæсивæд, Хисдæр лæгæн, раздзæуæгæн Куы нæ цæуон мæхæдæг æз, _. Рæствæндаг уæд нæ уыдзыстут, Уæ сæртæ дзы ныссафдзыстут Æмæ фæлтау уæ хæдзæртты Æнцад-æнцой куы сбадиккат. Нæ бырстытæн, нæ хæтæнтæн Сæ рæстæг ныр фæфардæг и. Уыдысты хъыг минæвæрттæн Айдемыры фæстаг дзырдтæ. /
Фэеджих ысты цыбыр рæстæг, Айдемырмæ хъæддаг сырдтау Ныккастысты, иымдзаст ысты, Ыстæй йын уæд æиæбары «Хæрзбон» загътой былысчъилæй. Æрбабастой сæ хотыхтæ, Æрбадтысты сæ хъал бæхтыл. 300
• ÆРТЫККЛГ ЗАРÆГ Минæвæрттæ, фаддзугæпгæ, Фæндаг дарынц сæ Ныхасмæ. Хъарадзауты Мысырби, дын, Тарф хъуыдыты куы бацæуы; Айдемыры уыиаффæтæ Нæ цæуынц, нæ, йæ зæрдæмæ: «Хæрз дзæгъæлы фæцыдыстæм, Хæрз дзæгъæлы, Айдемырмæ. Нæй, ницы у йæ уынаффæ, Йæ зонд фæцыд зæрондырдæм, Ма, дам, бырсут Уæлладжырмæ! Мæт кæнын ныл куы райдыдта, Цыма æрцыд нæ сæфты дуг, Цыма немæ куырм Айдемыр Кæй нæ уыдзæн, гъе уый тыххæй Айхъуысдзæни нæ худииаг. Уæлладжырмæ, Уæлладжырмæ Ныббырсдзыстæм æхсарджыиæй, Æмæ-иу уæд Айдемыр та Кæнæд фæндтæ йæ чындзытæн, Уæлладжыры сæмпæрчъитæн Æз фендзынæн сæ лæгдзинад. Куы ратæрæм сæ рæгъæутты,
Сæ чындзытæй, сæ чызджытæд Ыскæндзыстæм цагъайрæгтæ. Багъæц, багъæц, Тæгайы фырт, Æндæр дзыхæй ысдзурдзынæ. Тагъд мæ разы дæ зонгуытыл Сæргуыбырæй æрлæудзьшæ. Дæ усы дын йæ дзыккутæй Æрласдзынæн мæ дугъоныл. Фæлæуу, Зæлда, рæсугъд.Зæлда, Мæ къухтæм тагъд æрхаудзынæ. Ме ’рвыст лæгты куыд рарвыстай Æгад æмæ уæнтæхъилæй! Мæ уæздан туг, мæ уæздан ном Кæй баивтай кæвдæсардыл* Гъе уыцы ’фхæрд, гъе уыцы маст Æз сисдзынæн дæуæй, Зæлда! Раппæл-иу уæд дæ амондæй. Æз кæд æмæ æгъдауæй дæу Куырдтон, фæлæ... ,Ныр фендзыстæм! Мæ фæсдуар дæ лæггадгæыæг, Къæхтæ сæрфæг ыскæндзынæн». Фыцы йæ маст Мысырбийæн. Ныуулæфыд... Найфаты цур Æруромы Мæхæмæты: — Цæрæнбонты фæцардыстæм Адджынæй мах æфсымæртау. Ныр мын, уæдæ, мæ хорз æмгар, Найфатæй ард куы бахæрис — Момæ разы кæй уыдзынæ. — Æз дæм хъусын, зæгъ-ма мын æй, /
Лæгæн,- дам, лæг — йæ’ хорзгæиæг. Мысырби йын; ныхасгæнгæ, * Пæ цæстытæм. ныккомкоммæ: — Цы бакæпæм! Ныр Кæсæгмæ Фсрвитиккам æххуыс курæг Уæлладжырмæ лæбурынæн, Фæлæ иыи уый æгад куы уа. Ногъай дæр нын кæдæм лидздзæн!— Уыдонмæ дæ}) фæзындзыстæм... Фæлтау бырсæм Уæлладжырмæ, Сæ сæнæртты тæф калгæ сæ Нæ фæсивæд цæмæй тæрсы? Æрæджы сын куы ’ркой- кодтам, Цæмæн махæн хъалонфидæг, Лæггадгæнæг уыдаиккой, Фæлæ иын уæд æмпъызтзæнгой, Рæхсадæрчъи Аслæмырзæ Нæ кад æмæ уæздан тугæн Аргъ не скодта сæ комы ’хсæп, Дзырдта немæ сæрыстырæй: «Уæлладжыр уын хъалон фида! — Уæндгæ та пæ куыд бакодтат?!» Айдемыр дæр куы раппæлыд: «Кæмдæр, дам’, уый дисæи баззад...» Диссагæ’н та цæмæй баззад? Йæ мулк, йе ’гъдау, йæ фæллойæ? Куы цæрæм мах мыггæгты ’хсæн Кадджын æмæ дзырддзæугæйæ, Афтæмæй ма цæмæн хъусæм Андемыры уынаффæтæм? Куы базæронд; куы нал уыны
Йæ кæсдæрты æхсардзннад. Цæмæн тæрсы Уæлладжыры Хырызыстæг зæроид лæгтæй, Сæ куыствæллад фæсивæдæй? Баганæмыг, фæныкхоеæй УæЛдай цы сты Уæлладжыргом! Ис уым лæгтæ, зынгæ лæгтæ, Адæмимæ цæрæнбонты Цæрынц æдзух фыдæхуардæй, Æмæ махмæ фæкæсдзысты.. Фæлтау зæгъæм нæ хисдæртæн: «Нæ кады лæг Айдемырæн Иæ уыиаффæ — Уæлладжырмæ». Дзуапп ын радта Мæхæмæт дæр: —■ Æз разы дæн дæ фæндоныл. Ноджы абон Уæлладжырæи Сæ фæсиэæд фæцæудзысты Куырттатгомы бæрæгбонмæ»— Ыссардтам сæ сæ кæлæхыл. Стæй ма немæ куы фæкæнæм Фæсдзæуинты, кæвдæсæрдты, Бынтон сæ уæд нысæрфдзыстæм. Рæстмæ фæуæд дæ хорз хъуыды! — Рæстмæ фæуæд! — Мысырби дæр Ныкъкъæрц ласта йæ саулохы. Æрвыст лæгтæ сæ Иыхасмæ Тæргæбæхтæй ысхæццæ сты.
Бадзырдта сæм хъал Мысырби: — Фари уæ бадты, нæ хисдæртаз, Нæ зондджын лæг Айдемыр нын Бацамыдта Уæлладжырмæ!.. 20 Плиты X. 305
.•.. ЦЫППÆРÆМ ЗЛРÆГ Сæуæхсид сырх куы адардта, Куы ’рбацъæх бон æрвгæрæтты, Уæд фидиуæг ныхъхъæр кæны: — Уацайрæгтæ, фæсдзæуинтæ, Æртæрут тагъд нæ саулохты,— Балцы цæуы нæ фæсивæд! I Хуыссæгхъæлдзæг фæсдзæуинтæ, Сæ цæстытæ æууæрдгæйæ, Иугай-дыгай уæд сæрвæттæм, Æд дзылæрттæ фæраст ысты, Бæргæ ахсынц тæлтæг бæхты, Уыдоы сæ ’ввахс куы нæ уадзынц, Риуыгъынц сæ армаццагæй, Чъыллипгæнгæ фæцагайынц. I ’ Бæхахсджытæ мæстæйдзагæй Рахъæр кæнынц уæд рæгъауыл: — Фæлдыст фæуат уæ хицæуттæн!..
— Æнæмæнг та кæйдæр артыл Дон, ауадзын ысфæнд ,кодтой. — Хуыцау зæгъæд — рæхджы бонты Бæрзæйсастæй, уæрагдихæй Сæ хæдзæрттыл цы сæмбæлой! — Сæ зæххытæ, сæ рæгъæуттæ Хæрз дзæгъæлæй цы баззацой! / — Кæрон дæр нæй сæ хъал митæн, Кæуынмæ сæм æрцыдæуа!— Фæсдзæуинтæ уæд рæгъæутты Куы ратæрынц, æхситгæнгæ. Стыр фæтæнтæй, къæдзил хъилæй, Бæхтæ хъæутæм ныййарц ысты, Сæ хæдзæрттыл фæпырх вæййынц. Хъарадзауты Мысырбийæн Йæ сæнт урс бæх Ертугъан дæр Æрбалæууыд йæ кæрт ’астæу. Лæггадгæнæг саргъ раскъæфта, Авæрдта йæ Ертугъаныл, Æркодта йæ хъæддых æлвæст, Æрбатыхта уæйлаг нымæт, Æрбаста йæ нахæтбосæй Æвзист саргъæн йæ фæсарцы. Мысырби уæд фæмидæг и Пæ хъæздыг, рухс, æфснайд уаты Æмæ сдзырдта Алимæтмæ: — Дард балцы дьш цæуын, æфсин,
Фæлæ та-иу ды ма хъыг кæн! Æртæрдзынæн цагъайрæгтæ, Фосы дзугтæ, бæхрæгъæуттæн Бакæиæн дæр нæ уыдзæнн! Алимæты рæсугъд цæсгом , Æвиппайды фæтаргъуыз и, ’ Хæрдгæ хуыдты, сыр-сырсыргæнгæ, Фæзылди уый æвæндонæй, Иннæ уатæй Мысырбийæн Бæлццон дарæс æрбахаста. Хъарадзауты Мысырби дын Æрбакодта йæ дзаумæттæ, Йæ тинтычъи урс басылыхъ Йæ уæхсчытыл æрбаппæрста. > Фæсивæд дæр зæрдæрухсæй Рæсугъд сæхи куы сфæлыстой: Сгæллад цухъа, зæлдаг куырæт, Æрбабастой хъандзал кæрдтæ, Æрæфтыдтой хъыримæгтæ. Сæ къæбæлдзыг уæлдзарм худтæ Зулмæ ’рсагътой сæ фырхъалæй. Сæ фæсдзæуин цагъартæ сын Арæвдз кодтой сæ саулохты. Бадилаты хъал гуырдтæ сыл Абадтысты бæгуы лæгтау. Фæсдзæуинтæ сæхæдæг дæр Зивæггæнгæ, æнæбары Цауддæр бæхтыл ысбадтысты.
Рахызт кæртмæ Мысырби дæр, Цæрдæг абадт йæ урс бæхыл, Рараст а*мæ фæснвæдыл Цырд ахаста йæ цæстæнгас: Чи кæцæй у, куыд ифтонг у, Чи рацыди,' чи бафæсвæд? Æмæ уайтагъд йæ даргъ цæсгом, Хъуынтъыз бонау, фæсау кодта: — Кæм ысты, кæ, Елхъанæн та Иæ фаззæттæ — хъуымайæгтæ? Æви нæ сидт нæ фехъуыстой! Æви та ныр уыдонмæ дæр Хонæг цæуæм, лæхстæгæнгæ?! Лæппу, марадз, фæцагай сæм! Зæгъ мæ номæй: балцарæзтæй Ныртæккæ ам æрбалæууæнт! Барæджы бын æвæллад бæх Уадау тахти кæвдæсæрдтæм.
#- ФÆНДЗÆМ ЗАРÆГ Заероид ныллæг хæдзары къуым... Иу ус бады уым иунæгæй. Иырхæндæг и йæ рыст зæрдæ, Æмæ фæллад дыууæ’ цæсты Айдзаг ысты цæстысыгтæй... Чызгæй нырмæ йæ царды ныв Февзæрыди йæ цæсты раз: Уыди рæсугъд, хæдæфсарм чызг, Къæлæтæрфыг, сырх уадулджын, Иæ сатæгсау цæстытæ-иу Тæмæн калдтой ыстъалытау. Урс хъазæнгæс дæллагхъуыртæй ’ Хуртæ, мæйтæ’куы кастысты: Даргъ дзыккутæ дыууæ быдæй Тасгæ гуырыл куыд фидыдтой! Иæ зоид, йе ’гъдау, йæ уындмæ йын Хæлæг кодтой сæ хъæубæстæ, Комы усгур лæппутæ дзы Куы нæ нстой сæ цæстытæ. Куы уарзта уый мызуроны, Куырдуаты бадт йæкъайагмæ. 310
Хъызт зымæг-ну куы ралæууыд, Сæ рæзты-иу сæумæраисом Куы рацæйцыд йæ- уарзон хур, Уæд-ну æм чызг къæмдзæстыгæй Сусæгæй каст сæ рудзыпгæй... Куыд-иу ныррухс нæ развæпдаг Фæлмæн рæвдыд уарзонадæн! Дзурын-иу æм нæ фæрæзта, Агуырдта йын йæ аууон дæр; Йæ фæдыл-иу, дугъон бæхау Ие ’взонг зæрдæ куы тырныдта, Фæлæ йыл-иу фæуæлахиз Ие ’фсарм æмæ йе стыр намыс. Уæд-иу уынгмæ куы рауади, Хъæзын къус-иу куы раскъæфта, Йæ къахвæдты миттæ йыи-иу Æмбырд кæнын куы рандыдта, Уатмæ-иу æй куы сыскъæфта, Улæфыд-иу хъæзын къусмæ, Риумæ-иу æй æрбалхъывта. - Хъарм къухтæ ’мæ тæвд улæфтæй Мит-къуыбæрттæ куы тадысты, Ныккасти-иу рæсуг донмæ, Бахудти-иу йæ мидбылты, Цинтæгæнгæ йæ сомбоныл. Фæлæ, мæгуыр, йæ сонт зæрдæ Рæсугъд сæнттæй нæ бафсæсти. Уæд иубон дын Уæлладжырмæ Бадилатæ куы бабырстой, * Æмæ, кæугæ, дзыназгæйæ, Уый уацары куы ратардтой.
Госæда уæд фыдвæндагыл Куы базыдта: йæ сахъ уарзон йæ сæрыл уым кæн ысдзырдта, Хъæбатырæй кæй фæмарди. Цы диссаг дæ, рæсугъддзинад! • Царды мидæг куыд хъулои дæ! Цæмæн фæдæ ды бирæтæи Зæрдæрыстæн, фыдбылызæн?! Уацанрæгты дихгæнгæйæ, Абысалты зæронд Елхъан Æрыгон чызг Госæдайы Номылусæи куы равзæрста. Уæдæй нырмæ Госæдайæн Лæууы зæрдыл йæ тухи цард. Æхсныфæй йын Елхъаны ’хсин Иæ туг нуазы фыддæрадæн. Ифтындзы йæ сæумæцъæхæй Æнафонтæм йæ куыстытыл. Фыдцъылыс лæг Елхъанæй дæр Кæм æййафы рæвдыддзинад! Ыскодтой йæ’ сывæллонгæс, Сугтæсæттæг, сæ къæхтæхсæг Хисдæрæн уа, кæсдæрæн уа,— Цума æмæ лæггадгæнæг. Уæвгæ, йæ уд цы нæ ’взары! — Зæхх куы мæрзы йæ игæрæй. Цас уромы йæ рыст зæрдæ Уайдзæф æмæ рæхуыст ныхас! Æмæ тайы зæрдæрисгæ, Хъары арвмæ йæ тæригъæд. Цы йæ бон у, цы чындæуа!
Чи йын зоиы йæ хънзæмяр? Чи бамбара пæ рыстдзннад?! — Иæ туг, йе стæг, йæ къабæзтæ Баззадысты Уæлладжыры. Ныр сау хъæды сау халонау, Æвæхæцæг, хæрз иунæгæй Бонтæ ’рвиты мæстæлгъæдæй. Ие ’нæуынон Елхъанæй йын Уæд уалынмæ куы райгуырди Дыууæ фаззон —дыууæ фырты,— Æмхуызæттæ, æмиæстæ Сабаз æмæ Сабазджери, Ивддзаг кæнынц уæнгты кондæй, Асæй æмæ цæсгомæй дæр. Госæда ныр йæ дарджытыл Сагъæс кæнын куы райдыдта: «0, мæ боныл, цы уромын! Тæригъæддаг рыст хъæбултæ Схъомыл ысты бæгъæввæдтæй, Гомгуыбынтæй, æххормæгтæй. Лæгъз хæлæфтæ, лæгъз хæдæттæ Никуы скодтой сæ уæлæ дæр. Нæ сæ уадзы æрулæфыи Гуымирызонд, тызмæг Елхъан; Сылтаныхъы быдыры-иу Уалдзæг зæгъай, фæззæг зæгъай, Сæумæцъæхæй изæрмилтæм Зæхх дзывырæй куы фæлдахынц; Зымæг та-иу тымыгъ бонты
Хъæдæй сугтæ куы фæласыйц, Æхсæв-иу.уæд куыствæлладæй Куы батулынц сæ лыстæнты. Гъе афтæмæй дæллаг галау Рафтыдысты уæззау куыстæй. Мæгуыр сæ бон, рухсы тын дæр Никуы ныккаст сæ зæрдæтæм. Хъазты кæнæ куывды мидæг Æппæтæй рох куы фæлæууынц; Нæ сæ уадзынц се ’мрæнхъ цæуын Бадилаты хъал фæсивæд, Фидистæ сыи куы райдайынц. Се ’хсар, сæ тых, сæ зондмæ сын Хæлæг кæнынц сæхимидæг. Фæлæ ’лгъыстыл фыдбоны цард 4 Сæ зæрдæты, сæ къабæзты Куы ныссагъта йæ сындз къухтæ». Æвиппайды цæфхæдты хъæр Æрбайхъуысти Госæдамæ; Кæлмдзæфау дын фестъæлфыди, Фæтар ысты йæ хъуыдытæ. ’Мысырбийы æрвыст барæг, Тызмæгхуызæй, цæхæркалгæ, Фæмидæг и Госæдатæм. Байдыдта йыл хъæртæ кæныи. Æрбазгъордтой йæ хъæрахстмæ Госæдайæн йæ лæппутæ. Барæг’сæм ехс фæхъил кодта: — Тагъд цæугæут, фæныкгуызтæ!
Ныййарæг мад, зыр-зыргæигæ, Ысцæйыстад йæ хъæбултæм. • Бæргæ ма сæ уый хъавыдис Æрбатухын йæ дæлæрмтты, Фæлæ аззад æрттæтыгъдæй... Ратардта йьш æрвыст барæг Пæ удæицон, йæ дарджыты. Тухгæ-уадæй фыдафонты Тала-бæлас куыд асæтты,— Госæдайæн раст уый хуызæи Æваст йæ ныфс æрбасасти. Мигъ абадтис йæ цæстытыл, Æмæ ’взæрыиц зæрдæрыстæй Сæрымагъзы тар хъуыдытæ: «Æнæмæнг та бадилатæ Стæры цæуын фæфæнд кодтой. . О, дæдæдæй, цымæ та ’дзы Кæй чызджытыл, кæй чындзытыл Мæ хуызæн бон æрбакæндзæн? Кæй зынг, мæгуыр, æрбахуысдзæн! Кæй къона та æрбайхæлдзæн? Цы уыдзысты мæ хъæбултæ?!» Хуры тынтæ нæма систой Цъæх кæрдæгæн йæ цæстысыг, Афтæ балцмæ лæгæвзæрстæй Бадилатæ фæрæвдз ысты. Сæ разæй ис йæ урс бæхыл Хъарадзауты хъал Мысырби, Иæ рахиз фарс Бечмырзæ и,
Йæ галиу.фарс — Дударыхъо,«’ Сæ хæд фæстæ — сæ кæсдæртæ, Æддæдæр та — бæлццонарæзт Хъуымайæгтæ, чегъыретæ, Фæсдзæуиитæ, кæвдæсæрдтæ. Бадилаты зæронд лæгтæ Уæд Мæхæмæт — пехуымпарыл Сæ бæлццæтты ныффæдзæхстой: — Нæ фæсивæд, уæ балцвæндаг Тæссаг у тынг фыдбылызæй, Фæлæ фæут хæрзтыл æмбæлд, Дзагармæй нæм æрыздæхут! — Дарут-иу ныл уæ зæрдæтæ! — Фæкодтой уæд æмхъæлæсæй Бадилатæн сæ бæлццæттæ. Тыхгæнджытæ Уæлладжырмæ Цингæнгæйæ, фæцагайдтой. Зилгæ-тухгæ, сæ хæд фæстæ Рыг сыстади сылæг мигъау.
ÆХСÆЗÆМ ЗЛРÆГ Иппæрд æмæ уæлæуæз ран Хæххон хъæу Быз æрæнцади, Иæ хæдзæртæ — тъæпæн дурæй, Фидар амад — йæ мæсгуытæ*. Йæ чъырынтæн, йæ гæнæхтæн Фæхъуына сты сæ гом сæртæ. Урс хох ныззылд йæ хæд сæрмæ; Айнæг-къæдзæх — кæлынæввоиг Иæ бынмæ та сау æндарæй Зынынц дардмæ йæ дыргъдæттæ. Бæлæсты бын, къутæрты ’хсæн Гуыргæ суадон — æвидигæ. Уайы, згъоры егъау къæйыл, \Хæл-хæл æмæ чыр-чыргæнгæ. Ихы къæрттау куыд уазал у! Куыд рæсуг у, куыд сыгъдæг у, Налхъуыт-налмас цæппузырау! Мæйрухсмæ та урс уадздзагæй, Æвзистау уый куы ферттивы.
Изæр-иу æм Бызы хъæуæи Сæ чызджытæ, сæ чындзытæ Æд гогонтæ, æд къæртатæ Райгæ, худгæ куы ’рцæйцæуынц, Донæй хъазын куы райданынц, Ыскалы дзы ну нннæйыл, Уарзæтты коп куы фæкæпынц, Иыддаргъ вæийыпц сæ ныхæпæ. Ацы рагон хæххон хъæуы Фæцард æвал-æвидисæй Номдзыд Тæга зæронды онг. Иæ рагбонты хæрзконд уыди, Æгъдауджын уыд, хъаруджын уыд, Иæ бæхыл-иу куы хъазыди, Уæд куыд арæхст, куыд фидыдта... Куы-ну фæцыд фæдисы хъæр, Куы-иу бахъуыд æхсары сæр, Уæд-иу Тæга фæдисæттæн Сæ разæн тахт кæддæриддæр. Равдыста-иу, нæртон лæгау, Ызнæгтимæ ныхæй-ныхмæ Иæ гæрзарæхст, йæ лæгдзинад. Фæстæмæ-иу æрбаздæхти Уæлахизæй, сæрбæрзондæй. Фысы комæй цæрæибонты Хъæмпы хал дæр нæ раласта. Хисдæртæн уыд лæггадгæнæг, Æмгæрттимæ — хæларзæрдæ. Кусынмæ та куыд рæвдз уыди! —
Тас. бинойТæИ сæ Дарæг уыД. Кæнæ цуаны куыд,ысгуыхти! Хъæриу-хохы бæрзонд рындзтæй Сырдтæ бирæ фæфæлдæхта. - Ыыр дæр уыцы дзæбидыртæн Сæ уырынгтæ ыздыхт сытæ, Уæд сычъийы цыргъ сыкъатæ, Æстдæссион нæл саджы сæр — Уазæгдоны бæрзондгомау Кондæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм. Сауыгъта сыл рæгъæй-рæгъмæ Иæ намысджын хæцæнгæрзтæ: Æндон сæрзæнт, йæ хъыримаг, Комджын хъама, йæ ерæдзыпп, Топпыхосдон, йæ дамбаца, Иæ кард æмæ йæ мыдзы^а. Ныр Бутаты цытджын хисдæр, Даргъ урсзачъе, тавиц Тæга Бызы хъæуæн куы фæкæны Тæрхæттæ ’мæ уынаффæтæ. Сæ хъæуæн уый йæ намыс у. Чындзытæ йын йæ’ ном зæгъын Фæсвæды дæр нæ фæуæндынц. Иæ рæзты-иу сæумæрайсом, Дон хæсгæйæ, хæдæфсармæй Дард азилыиц былтæбастæй. Тæга ныр дæр фæзминаг у Зæрондырдæм йæ бакуыстæй, Куы ’мбонды хæлд æрæхгæны, Куы дзоныгътæ ысрæвдз кæны,
Куы бабæтты бæрз уисæйттæ, Куы акæсы сæ хъугæмттæм Кæд дзы, мыййаг, ызнаггад ис, Куы асгары уыгæрдæнтæ, Æмæ та-иу сывæллæттæн Халсæртты ’ргъом æрæнтъухы. Куы ракæны мæхъийæгтæ, Сæ мусы сæ æрцаразы, Куы та хурмæ сæ уæлхæдзар Фæбады уый къæлæтджыныл, Йæ таурæгътæ, йæ кадджытæ Хъисфæндырæй куы фæцæгъды. Сывæллæттæ йæ алыварс, Цымыдисæй нымбырд вæййынц: Чи бахизы йæ хъæбысмæ, Чи та зæххыл йæ къæхты раз. Цæрдæг дзуццæг куы абады, Чи йын мæнæ йæ уæрагыл Сабыр йæ сæр æркъул кæны. Абон дæр та сæумæрайсом Рабадт Тæга сæ уæлхæдзар, Æмæ хъазы йæ хæрæфырт Чысыл лæппу Умаримæ. Куы йæ кæны цæуын ахуыр, Æрбайсы йæ йæ хъæбысмæ, Куы йын сæрфы йæ уадултæ, Æрдауы йын йæ сæрыхъуын. Афтæ ’рвиты йæ цард-бонтæ Зæрондæй ныр цытджын Тæга. Иæ зæрдæ — рухс йæ хъæбулæй, Ие ’хсарæй йын сæрыстыр у. 320
• ÆВДÆМ ЗАРÆГ Æхсæв сау кæрц æрбакодта. Мæй тар мигъты æрныгъуылди, Хæххон фæндаг ныссаудалынг. Сырдтæ зилынц холы сгарæг, Дард кæцæидæр уыг бауасы. Арв ферттивы къæдзтæ-мæдзтæ. Урс дарæсы хъал Мысырби Къорды разæй йæ урс бæхыл Нарæг комы фæхæрд кодта. Тæргæ-бæхтæн сæ къæхты бын Калм цæхгæрмæ, æхситгæнгæ, Уыцы сыффытт куы нылласта. Дзæбидыр та фæлгæсгæйæ, Фæзыны ’васт хохы дагъы. Уæлладжыргом... Ныхасы раз... Комы дуар у дурæй амад, йæ мидæг та — бæрзонд гæнах. Уый, бон зæгъай, æхсæв зæгъай, Хъахъхъæнæгæй нæ цух кæны. Уым фидарæй чысыл дæ’лдæр
Мысырби бæх фæурæдта, Афæдзæхста йæ кæсдæрæн: — Марадз, асгар ды фидары! Цы ми кæны йæ хъахъхъæнæг? — Бахъуызыд æм уыцы кæсдæр; Гæнах уыдис æнгом æхгæд. Хъахъхъæнæджы адджын хуыссæг Æрбатыхта йæ хъæбысы. Сгарæг фездæхт æмæ хабар Цæрдæг загъта йæ хисдæрæн. Уæд Мысырби хъахъхъæнæгыл Разылд хинæй: дæлвæндæгты, Хъавгæ-хъавгæ, фæраст кодтой. Хъал барджытæ сæ фæдджитæ Сæ ронбасты куы фæсагътой. Дон арф комы ныууынæргъы, Бырсы, ссæнды, йæ фынк калгæ, Тигъджын къæйтыл, тымбыл дуртыл Цæллахъгæнгæ, мæстыгæрæй, Хæрдмæ хауынц йæ уылæнтæ. Бæхтæ дон-дон, фæдыл-фæдыл Арф хуыдымты куы лæгæрдынц. Доны уылæн, лæбургæйæ, Бæхты риутыл æрбатыхсы. Донæй сурмæ куы рахизынц, Уæд сын, зæгъы, Мысырби дæр: — Уæ саулохтыл нымæт-уæфстæ Рæвдз акæнут! —- Барджытæ дæр Сæххæст кодтой балхоны дзырд.
Бацыдысты Субп-хъæдмæ, Æрытыдтой сæ нымæттæ, Æркодтой уым æхсæвиуат... Æрмæст фынæй куы нæ кæнынц ’Дыууæ фаззоп æфсмæры — Сабаз æмæ Сабазджери, Æхсиды маст сæ зæрдæты. Кæнынц ныхас сæхимидæг. Дзуры ’нкъардæй Сабазджери: — Уацайраг цард, цагъар уавæр Куы федтам, куы, нæхи цæстæй, Æфхæрд æмæ мæгуырдзинад Мах не рагъыл куы бавзæрстам, Уæд афтæмæй æххуысгæнæг Бадилатæн цæмæн цæуæм? Куыд фехалæм нæхи хуызæн Кæйдæр мæгуыр сау къонатæ? Ой, тæхуды, ацы сырдты Ныххурх кæн ам тар хъæды ’хсæн, Арт сын бафтау сæ фæллæйттыл, Фæлæ, цæй, ныр цы чындæуа? Нæ къухтæ ныр цыбыр куы сты. Цы у нæ бон æххуыс кæнын Уæлладжыры фæсивæдæи? — Ды раст зæгъыс, Сабазджери, Нæ сæртæ дæр суæлдай кæнæм, Ма ныббарæм нæ мад æмæ Нæхи хуызæн мæгуырты ’фхæрд. Мысырби нын куыд радзырдта,— Уæлладжыры сæрæи гуырдтæ Куырттатырдæм фæцыдсты.
Бадилаты тыхгæнджытæн Ныр чи ’рлæудзæн сæ ныхмæ та? Мæгуыр сæ бон, кæй къонатæ Ныддымдзысты нæ тугцъиртæ! Тæхуды ’мæ Куырттатмæ сæм Хабархæссæг куы фæуаид! Куыд хорз уаид, Сабазджери! Ныр ахæм лæг кæм разындзæн? Куыд дæм кæсы, бæхыл сæм æз Тæхгæуадæй куы балæууин? — Бæргæ, бæргæ, куы сарæхсис. Нæ хъалтæн уæд сæ фыдракæнд, Уырны мæ мæн, фæсыкк уаид. — Дæуæн тæрсын, Сабазджерн. Мæ ацыд мын куы базоной. Сæ фыдæх дæу куы баййафа. — Мæнæн, Сабаз, цæмæй тæрсыс? Мæ быгъдуан уæд ам сарæхсын. Æрмæст фæстиат мауал кæн!
• ÆСТÆМ ЗЛРÆГ Куыртатты ком... Уæлхох быдыр... Хилакгомæй фæлмæн дымгæ Куы радымы рæвдауæгау, Фыййагдонæн йæ уылæнтæн Сæ араугæ уынæримæ Баиу кæны йæ зарджытæ. Уацилланы бæрæгбонты Цымытийы Уырыфæзмæ Куывды адæм æрцыдысты. Ие ’мбæлттимæ Аслæмырзæ Хуынд у ардæм Уæлладжырæй... Ныр уал хъазæн уæрæх фæзы Куы фæлварынц сæ саулохтыл. Уым Тæгайы сæрæн гуырдыл Адæм сæ цæст æрæвæрдтой: Къуыбыррихи, цыбырзачъе, Тымбылдзæсгом хъуыдыдзаст >, Иæ уæлæ ис кæттаг куырæт, Фæсмын цухъа æд бæрцытæ, Иæ къæхтыл та — рæтыд местæ, Даргъ æхсаргард — йæ фарсыл баст,
Дамбаца — тъыст йæ фæсроны, Фæтæн хъама — йæ астæуыл. Иу сæррæттæн бæхыл бадгæ Багæпп кæны бруйы сæрты. Йæ размæ йын, тæхгæ-тæхын, Уæлдзарм худтæ куы сæгшарыиц, Уæд сæ уын дæр дамбацайæ Фæдыл-фæдыл рæвдз акъуыры. Цымытийаг Арсæмæг та Саргъы уæлæ хъен алæууы, Куы та, зæхмæ æртасгæйæ, Цырд фелвасы æвзист æхца... Иæ бæхæн уый йæ бæрзæйыл Цалдæр зылды куы æркæны. Барджытæ дын ысфæлварынц Сс ’хсаргæрдты ыссад кæмттæ, Куы сæ ’руадзынц кæрæдзийыл, Уæд цæхæртæ куы акалыпц. Ехсы ’взыстмæ сæ бæхтæ дæр Куы ныллæууынц сæ фæстæгтыл. Дæлдæр фæзы лæдзæгвындзæй Иутæ хъавынц нысан-бæрцмæ. Уым сæ фарсмæ уæд аннæ къорд Радгай кæнынц тыхæвзарæн: Дур æппарынц куыд-дарддæрæй. Куывдæй фалдæр цъæхнæудзармыл Фæсивæд хъазт æрцарæзтой, Нæры дардыл фæндыры цагъд. Хæрзконд чызджы æлвæст астæу, Бæрз талайау куы фæтасы.
Йæ цæстмæ уым сæрæн лæппу Рæвдз æркафы йæ къах-къухтыл. Мæйрухсдзæсгом рæсугъд чызг дæр, Доны хъазау куы ленк кæны, Дардыл, райгæ, йæ даргъ цæнгтæ Куы айтындзы тæхгæ маргъау. Даргъ æрфгуытыл, сырх уадултыл Сау лæппуйы дыууæ цæсты Кæсгон кафты куы фембæ’лынц, Уæд зæрдæ арт куыд нæ фесты! Куывды адæм дывæлдахæй Бæлæсты бын куы рабадынц, Уæле бады хисдæр лæгæн Цымытийаг зæронд Алхаз, ’Уый хъæуæн у сæ кадджындæр, Сæ дзырдзæугæ, сæ зонды лæг. Афай бады йæ дæллаг фарс, Ныхас кæны Алхазимæ. Уый йæ хъæуы мæгуырдæртæм Кæсы тигъмæ, былысчъилæй. Дæлдæр — иннæ зæронд лæгтæ. Нуазæнтæ сæм сæ кæсдæртæ Æрбадæттынц фæдыл-фæдыл. Алхаз кувын куы райдайы: — Нæ хъæубæсты фæриыг адæм, Уæлладжыры сагфæсивæд, Хуыцау уын уæд ахъазгæнæг, Нæ куывд барст уæд Уациллайæн, Раттæд нын фарн бæркæдтимаэ..: Иннæ азы хор нæ къутуты, Нæ даргъ гонты куыд нал цæуа,—
Гъерныр та уæм фæсиддзынæн, Нæ кæсдæртæ, нæ уазджытæ, Домбай куыд уа нæ Ирыстон — Æнгом куыд уæм кæрæ’дзийыл — Хæрамдзинад куыд фесæфа, Сырды цæстæй куыд иал кæсæм Кæрæдзимæ фыдызнагау. Тыхтонатæ куыд нал кæнæм, Туджы зæйтæ мыггæгты ’хсæн Куыннæ цæуа ныры хуызæн, Æмæ цæмæй нæ цардыуаг Йæ нывыл уа, гъе уый тыххæй Дунейы хъæр куыд бамбарæм. Куырттатаг уа, уæлладжырон, Дыгурон уа, фæсхохаг уа, Нæлгоймагæй, сылгоймагæй, Хъæздыг æмæ мæгуыр лæгæй Куыд базонæм,— нæ иудзинад Кæй уыдзæпи, куы баиу уæм > Æрмæст домбай Уырысимæ. Пæ кæсдæртæ, нæ уазджытæ, Фæрпæй уæм сидт фæхæццæ уæд. —• Дæ дзыхы — фари, нæ буц хисдæр! Æрбадзырдтой йæм кæсдæртæ. Алхаз дæр сыл сæрыстырæй Иæ цæстæнгас куы ахæссы, Иæ гаджидау зæрдæбуцæй Æхсызгонæн куы баназы. Бадты адæм фæхъус ысты.
Æлхынцъæрфыг, фыдцъылыс лæг Цымытнаг хъæздыг Афай Куы сыстади йæ бынатæй: — Алхаз, дæ куывд у арфæйаг, Зæндджын сидт ныл кæй рауагътай. Æцæгæй дæр ироп дзыллæ Кæрæдзи хъæр нæма ’мбары, Кæрæдзимæ фыдæх хæссæм, Нæ кæмтты ’хсæн нæй иудзинад — Стæм афтæмæй æфсымæртæ. Тыхтонатæм, хъæддаг митæм Раст бирæгъау æмхиц ыстæм. Æрмæст мæнæн мæ зæрдæмæ Нæ фæцыди ам иу хъуыддаг. Ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй, Æз алкæддæр æргом дзырд дæн. Цæмæн хъæуынц козбау митæ, Нæ хъуыдытæ цæмæ ’мбæхсæм? Ныхас, Алхаз, ды ракодтай Ирыстонæн йæ хъысмæтыл. Цы нæ ’рцæуа, гъе уыдæттыл Ам дзурын та цæмæн хъæуы? Æмдзæхдон мах цæмæн кæнæм Æцæгæлон Уырысимæ? Дæумæ гæсгæ, нæ сæрибар Уæрæсейæн ныууæй кæнаэ!/.? Цыма стæм уæд? Цæмæн хъæуæм? Фарн бадзурæд дæумæ, Алхаз, Нæ адæмы куы нæ змæнтис, Хуыздæр уаид, мæнмæ гæсгæ. Бадт базмæлыд, фæхъæлæба,
Лфанæи уым йæ раиЫхас Мигъау ныббадт сæ зæрдæты. йæ комкоммæ Джетæгъæз дæр Иæ ныхæстæм æрбамæсты, Пыхасы бар æрцагуырдта: — Уæ хорзæхæй, пæ кæсдæртæ, Басабыр ут! Фæтк ма халут! Нæ кæрæдзи хъæр бамбарæм! Нæ зонды лæг, цытджын Афай, Цæмæн халыс нæ бадты ’гъдау? Æви нын хисдæр хисдæр нæу? ’ Æви кæсдæр йæ раны нæй? Цы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ Пæ хисдæрæн йæ ракуывдæй? Уæд та нын зæгъ дæ уынаффæ! Цы саразæм? Куыд бакæиæм? Тыхтонатæй куыд фервæзæм? Нæ мыггæгтæ кæрæдзимæ Хæрам зæрдæ куы бадарынц, Куы ныссæрфынц сæ кæрæдзи. Уæд уымæн та цы хос арыс? Æви ды хъавыс тугвынгтæй Нæ туджджынты æрлæгъз кæнын? Æви хъоды мах бакæнæм Туджы фæткыл мыггагмæ дæр? Хъодыйæ уæд цы рауайдзæн? Зæгъ-ма нын, зæгъ, дæ хорзæхæй Тыхгæнджытæп цы схос кæнæм? Ыскæс-ма, скæс, нæ мæсгуытæм,— Тугахуырстæй куыд фæлгæсынц!
- Нæуæгæй та нæ мæсгуытæм Фæдисы боичхуыздæр æихъæл Фæлидзæг ^уæм æд бинонтæ? Ды раст зæгъыс, нæ рæдийыс, Цæрæм, бæгуы, сæрибарæй. Гъе уый у, гъе, йæ бæллæх дæр, Æнæидон тæргæ-бæхау, Уæгъд кæй ысты нæ рохтæ дæр. Куыннæ стæм мах сæрибар та! Лæгмарæг дæр сæрибар у, Тыхгæиæг дæр, абырæг дæр. Гъе уый та дын нæ сæрибар! Дæлдзæх фæуæнт цæрæнбонтæм! Алхаз — нæ хисдæр тынг раст у, Иæ цæрæнбои нын бирæ уа. йæ фæнд, йæ сидтæй бабуц дæн. Нæ хъысмæт мах ысиу кæнæм Уырысимæ, Уырысимæ, \ Æмæ Афай, цæй, рауадз рæгъ! Цæмæн кæныс къуылымпы сидт? Афай мæстæй ныддурзæ’рдæ, Джетæгъæзæн Ггæ ныхæстæм. Былысчъилæй æлгъгæнæгау Сыкъа дæтты сæ дзагдармæ: —ч Цæйнæфæлтау.ныр ацы сидт Хæрамæй ам æз баназон, Фæлтау мын — марг мæ мады ’хсыр. Фынгæй фестад, фæцæуæг и, Ысдзырдта ма мæстæй ризгæ: — Уæздан ысты бадилатæ Кæй нæ хæссыпц сæ сæрмæ дæр
Се ’мрæнхъ бадын уæ хуызæтты! Рафардæг ис фæрныг куывдæй. йæ фæдыл ма — иу-цалдæрæй. — Уæ хорзæхæй! Уæ фæндаг раст Уæхимæ нæ — Гандзамæ дæр,— Джетæгъæз ма фæхъæр кодта. Сидт ахæццæ, Алхазы сндт. Куырттатæттæ мæлгъæвзагæй Нывæзтой хорз, рæсугъд фæндтæ. Уæлладжырон Аслæмырзæ Сæ фæндæттæй, сæ бæллицтæй Сæрыстыр уыд, æнæзæгъгæ. Иæ къухты йын куы фæсагъта Дзаг ныуазæн уырдыглæууæг, Уæд фестади йæ бадæнæй, Иæ цæст бадтыл цырд ахаста. Куырттатæгтæ фæхъус ысты Ныккастысты сæ уазæгмæ. Алхаз дæр æм йæ цæстæ’нгас Куы сарæзта æдзынæгæй: «Цы зæгъдзæни уæлладжырои? Нæ фæндон æм куыд фæкæсдзæн? Уыдзысты нын æмцæдисон Нæ хæлæрттæ — Цæразонтæ. Афайау кæд Уæлладжыры «Сæрибарæй цæрын фæиды»,— Хъуыды кæны зæронд Алхаз. Буц хисдæртæм куы бадзуры Зæрдæхъæлдзæг Аслæмырзæ:
— Уæ сидт рæстмæ, куырттатæгтæ! Хуыздæр хъуыды, хуыздæр фæндæн Зæгъæн дæр нæй, ныфс бауагътат Нæ зæрдæты, кæддæриддæр Домбай вæййут уынаффæтæм. Ыыр дæр та нæ ысбуц кодтат. Уæ фæндоныл туаллæгтæ Æгæрон цин фæкæндзысты. Нæ фыдцардæй, хъæддаг митæй Уыдзыстæм хызт мыггагмæ дæр,— Кæсæгау мах æмзæрдæйæ Нæ цин, нæ маст, нæ тар хъысмæт Куы ныффæдзæхсæм Уырысыл. Уæлахиз уæд нæ иудзинад! Рæстмæ фæуæд нæ гаджидау! Кæсдæртæ йын нымдзæгъд кодтой, Ныййазæлыд сæ зарæг дæр. Куывд бацыди йæ тæмæны, Гаджидæуттæ фæдыл-фæдыл Уылæнтау уæд ивылдысты. Уациллайы бæрæгбон-иу Æрвылаз дæр куырттатæгтæ Куыннæ ’рвыстой, куы, хъæлдзæгæй, Фæлæ нырау сæ зарджытæ Пæ хъуыстысты, зыланггæнгæ. Хæххон дæттæ, æхсæрдзæнтæ Сæ райгæ зæлтæм бахъырнынц. Æгомыг хъæд, бæрзонд хæхтæ Сæ зарджытæм ныццарауынц. Цыма Куырттаты’ рухс фæндтыл Рæсугъд æрдз дæр ныццин кæны.
* * * Æмбнсæхсæв. Пæма фæци Куырттаты сахъ фæсивæдæн Сæ тымбыл кафт, сæ дардыл симд. Æвæццæгæн, сæ нæртон хъазт Нæ райхæлдаид бонмæ дæр. Фæндыры зæлтæ, зарджытæ Зæлыдаиккой стыр комы, Фæлæ æваст тæргæ1 бæхыл Иу фæдисон æрбазыиы. Ысхид и бæх, йæ комулæфт Цъæх фæздæг уагъта ’нæсцухæй, . Бæрæг уыди, кæй фæтахти Æнæрынцойæ дард ранæй. Йæ барæг зæхмæ ’ргæпп кæны, Фæхъус и хъазт, фæкъуырма и. Фæсивæд ыл нымбырд вæййынц. Аслæмырзæйы ’рцагуырдта. Аслæмырзæ уæд тарстхуызæй Фæдисонмæ æрбауади: — Æз дæн, лæппу, Аслæмырзæ. Цы мæ кæныс? Цы хабар у? Æиахуыр бæлццон исдугмæ Ферхæцыди, фæтыхсæгау: — Чындæуæд уæм фарны койтæ, Смахмæ хорз уац æз не ’рхастон. Тых кæнынмæ уæм бабырстой Бадилаты кæрæф хъалтæ. Æрвитынц се ’хсæв тар хъæды, Бырсдзысты уæм сæумæцъæхтыл. 334
Мæнæп мæ пом Сабаз хуыйны, Дыгурон дæн, кæвдæсард дæн. Аслæмырзæ^ иыхъхъуынтъыз и, Фæджихи, стæй куы ныттыхсы Хæрзгæнæгыл — фæдисоныл. Æрæмбырд ысты фæсивæд Аслæмы’рзæйыл уаптагъддæр. — Цæуын хъæуы æвæстпатæй! — Аблæмырзæ куы бакæны. — Цæуын хъæуы! — Арсæмæг дæр Йæ хæлæрттæм куы бадзуры: — Нæ туаллаг æфсымæртæн Сæ тыхсты бон æххуыс кæнын Кæй фæпды уый, мæ фæдыл — тагъд! — Мах неппæт дæр! — æмхъæлæсæй Йæ хæлæрттæ ныхъхъæр кодтой. Цæст ныкъуылдау уæд уайтагъддæр Фæпырх ысты фæйнæрдæмты Сæ бæхтæ ’мæ сæ хотыхтæм. Фæрæвдз ысты фæдисæттæ, Куыд баисты цæуын æввоиг, Раст афтæ уæд ныхситт кодта Аслæмырзæ йæ саулохмæ. Æмæ мæнæ хæххон сау бæх Хъæуы сæрты æрбалыгъди, Бæрзонд къуыппыл ыслæууыди Гæмæлхъусæй ныууасыди.
«Ардабм! Ардæм, мæ Царцилаи!» • - Хъæр та кæны Асдæмырзæ.-— Царцилан дæр фæцагайдта, Цырд нæ уæлхъус æрбалæууыд. Йæ барцмæ йын куы февнæлдта . Тæгайы фырт Аслæмырзæ. Æрхоста йын йæ нард синтæ. Бæх мидбынат ысрæуæг и. Аслæмырзæ цæстныкъуылдмæ Къах æгъдынцон куыд атъыста, Саргъы гоппыл куыд фæхæцыд, Афтæ дын æм нæ даргъ бæрзæй Фесхъæл кодта йæ тæлтæг бæх. Рæвдз ыл абадт ысгуыхт барæг. Туаллæгтæ — Цæразонтæ, Куырттатæн дæр сæ фæсивæд «Хæрзæхсæв» загътой комбæстæн, Ныккъæрцц ластой сæ хъал бæхты, Тæхынц уадау Уæлладжырмæ.,
ф ФЛРÆСТÆМ ЗЛРÆГ Бызыхъæу тарф куы бафынæй, Рухс нал кæлы йæ хæдзæрттæн Сæ ердотæй, сæ хуыккæмттæй. Иæ уынгты нæй цъиуызмæлæг. Фæлæ куыйтæ нал æнцайынц Сæ рæйынæй, сæ ниуынæй! Бызыхъæу ныр цæмæй зоны, Тар хъæды ’хсæн йæ дæлфæдтæм Иæ фыдгултæ йæ бабыныл Кæй кæнынц, кæ, уынаффæтæ. * * * Арв тар мигътæй фæсыгъдæг и, Мæйæн ахауд йæ сау пæлæз, Фæтулы та йæ авдæнмæ, Уый бонимæ нæ фидауы. «Авд хойы» дæр сæ симды хай Цъæх мигъты ’хсæн куы фæкодтой. 22 п^иты X. 337
Æрмæст ма дзы—фыййау «Боброн», БонпваГшæн салам дæттæг. Æрыздæхт хур йæ дард балцæй, Йæ рухс тынтæ цъæх цъититыл Ыссыгъдысты, акодтой сæ Ныййарæгау сæ хъæбысы, Æррадоны фæлхъæзæнтæ Уыигæг комы ныццарауынц. Аууон дарынц цæгатвæрстæ. Иу бæласæй уæд ипнæмæ Кæнынц цъиутæ пæррæстытæ Æмæ цъæхснаг цъыбар-цъыбур. Ныр Галæгон ныссабыр и, Йæ уад æмæ йæ дымгæты Уый фервыста æндæр бæстæм. Хæххон ирдгæ куы рафасы Хъæдабæгъуыз фæлмæн кæрдæг Æртæх худы цæппузырау Гауызæвæрд дидинджытыл. Бызыхъæу дæр куы райхъал и, Ыскалд фæздæг йæ ердотæй, Алчи кæны йæ зылдтытæ. Чи дзы уайы сæ суадонмæ, » Чи — куыроймæ æд ыссинаг. Фыпйау райста йæ уæлæфтау Æмæ рацыд дзуджы фæстæ. Хосдзаутæ ’мæ ыссивджытæ Рараст ысты уыгæрдæнтæм. Баззад ма дзы зæронд лæгтæ. Чызджытæ ’мæ чындзытæй та 338
Кæнынц иутæ хæдзары зылд. Хуртуаиты раз гыкъынатæ Хæрдмæ ’ппарынц сæ тыччытæ, Лæппутæ та фæсхæдзæртты Цæрдæг хъазынц гæлæмытæй. Бадилаты лæбурджытæ Бонасадæн куы бакæнынц. Мысырби дын, æрдузгæрои Иæхи ’руагъта уæд кæлдымыл, Р1æ цæстытæ зыд бирæгъау Бызыхъæумæ куы ныццавта, Уалынмæ сæ^фæцарæзта Дондзаутæ ’мæ куыройдзаутæм. Цъиусур дæр ма раст уый хуызæн Сырддонцъиутæм иымдзаст вæййы. Хæрзгæнæг сын Бызыхъæуæй Куы фæци ныр хъæздыджы фырт. Æлгъыст фæуа, о байсæфа Хинæн зилæг, æлдæртты ’ххуырст! — Хорз уыдзысты нæ хъуыддæгтæ. Дударыхъо, фæдих уæм ныр! Рæгъæуттæ нын ды тæрдзынæ, Уацайрæгты ракæнын та — Мæ бар æмæ Бечмырзæйы.
ДÆСÆМ ЗЛРÆГ Рæуæг уахъæз лæгъз фæтæнты Сындæг узы фæлмæн кæрдæг. Хæххон зымтæ, хуыргæрчытæ Нал æнцайынц сæ къуыззиттæй. Цæргæстæ та тæхгæ-тæхын Дард айтыгътой сæ базыртæ, Сæрибарæй, æнæмæтæй Куы ленк кæнынц уæлæуæзты, Фадынц хæххон сыгъдæг уæлдæф Сæ риутæ ’мæ сæ базыртæй. Цъæх сæгуыттæ, дзæбидыртæ Хæхты тигътæй куы фæлгæсынц. , Урс фынк калгæ, сæх-сæхгæнгæ, Коммæ хауынц æхсæрдзæнтæ, Уæлладжыры бæх-рæгъæуттæ Дон нуазынмæ æрбацæуынц, Стæй та рагъмæ æрбазилынц, Æмæ слæууынц рог ирдгæмæ. Сæхиуыл ма дзынга бадын Кæм уадзынц, кæ, сæ къæдзилтæй! Уым ефсытæм сæ байрæгтæ
Згъорынц уасгæ, чъыллипгæнгæ. Емылыктæ, хуыррытгæнгæ, Ныссенк ласынц, тъæбæртгæнгæ, Тæхгæ-тæхын сæ къæхты бын Æртæх-кæрдæг куы ассæндынц Хæмпус æмæ фæлмæн нæууы, Цæфхæдты фæд куы баззайы. Ыстуртæ та, сынæр цæгъдгæ, Кæнынц ривæд зæйы фарсмæ. Суадоны был рæгъаугæстæ Залмысыфтæ нымæтхудтау Доны тылдæй сæ даст сæртыл Куы æркæнынц хураууонæн. Сæ уадындзты рæсугъд зæлтæ Ныййазæлынц уынгæг кæмтты. * * * Бæхгæсты цур æвиппайды Февзæрдысты тыхгæнджытæ, Рæгъаугæстæн сæ цæнгтæ уæд Сæ фæсонтæм æрбабастой, Ратардтой сæ æд рæгъæуттæ. Уæлхох фæтæи — æмхизхæрæн Ысафтид ис, нал фидауы — Афтæ ма-иу лæгъз тъæпæнтæй Фæхæссы уад ыссивинаг... Бæхы стурæй кæм чи ’взæрста! Хъила-галтæ сæ сыкъатæй
Хъал уырсыты куы рæхонынц, Уыдон дæр сæ, мыр-мыргæнгæ, Пыгътъ’æпи лпсынц сæ цæфхæдтæн. Хъугæмттæн-иу дымгæ, узгæ, Сæ сыгхъæлæс кæрвæдз хорты Ысфæйлыдта,— рæгъау уыдон 'Сæ къæхты бын куы ассæстой. • 342
ИУÆНДÆСÆМ ЗАРÆГ Бызыхъæуы куыройдзаутæ Сæ хæдзæрттæм куы схæрд кодтой, Хъарадзауты Мысырбисын Уæд сæ фæндаг æрæхгæдта. Уайгæ-уайын фæхъæр кæиы: — Тъæйтт, хъазхъуыртæ, нæ къухты стут! Мах не ’фсургътыл сæгуытты дæр Дард фæлидзын куы нæ уадзæм! Сылгоймæгтæ фæтарстысты, Бакалдысты кæрæдзийыл. Баййæфтой сæ тыхгæнджытæ. Кæй рацахсынц йæ дзыккутæй, Кæй, дзыназгæ, хъæрахстгæнгæ, Æрбатухынц сæ нымæтты, Æсæрынц сæ саргъыбæхтыл. Куыройдзаутæн сæ цъæхахстæй Хæрдмæ схъиуыиц тæлтæг бæхтæ .. Уæд Бутаты Тæгайы чындз Рæсугъд Зæлда æд къæртатæ
Гакъон-макъон къахвæидагыл Æрцæйуади сæ суадонмæ, Æмæ донбыл уынгæг комы Рæгъау тæргæ куы ауыдта, Уæд цнкъæйау куы афæлурс, Атартæ сты йæ цæстытæ, Æрхаудысты йæ къæртатæ, Иæ мидбынат ыскатай ис: — Мæ къонайыл, куы бын кæнæм, Нæ рæгъау нын фæтардæуы! Кæмæ кæнон фæдисы хъæр?— Куы ничи ис нæ хъæубæсты! Æрмæст дæр дзы — зæронд лæгтæ, Æз —-уайсадæг, куыд сæм дзурон?! Фæкаст, уыны: æддæуæзæй Барджыты къорд æрбатæхы. Иннæ къорд та сылгоймæгты Скъæфынц бæхтыл сæ фæсæрцты. «Мæ бындурыл, æбуалгъ ми! Мæ бон бакалд! Бын сæфт кæнæм!» — Фæзылдис уый йæ мидбынат, Хъæумæ згъоры фæдисы ныр. Сæ хъæумæ чындз куы схæццæ и,— Уынджы астæу удайстæй Йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кæны: — Фæдис! Фæдис, нæ хъæубæстæ! Æрбабырсюи тыхгæнджытæ! — Зæронд Тæга сæ уæлхæдзар Къæлæтджыныл улæфыди,
Сæ чындзы хъæр куы фехъуыста, Уæд фестади йæ бандонæй: — Цы ’рцыдис уый? Цы хабар у? — Нæ фæтк, не ’гъаду цæмæн фесæфт?! Нæ уайсадæг чындзыты хъæр Пæ хъæууынгты цæмæн айхъуыст? Зæлда дæр дын йæ хицаумæ Уæлхæдзармæ куы сызгъордта, Æмæ йын уæд йæ къæхты раз Уый, сау зæхмæ ныккæсгæйæ, Йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, Ысдзырдта йæм къæмдзæстыгæй: — Ныххатыр кæн, мæ цæсгом дæм Æргом дзурын кæй бахъæцыд, Фыдæлты фарн, фыдæлты ’фсарм Æвæндонæй кæн фехæлдтон... Фæтæрынц нын тыхгæнджытæ Æмдымбылæй нæ рæгъæуттæ!.. Фескъæфынц нын нæ чындзыты, Иæ хъæумæ дæр æрбабырсынц. Зилгæдымгæ пирæнгæмттæй Мигъты бæрзонд куыд фелвасы Æмæ цъити куыд сæрттивы, Гъе уый хуызæн зæронд Тæга Тар æрфгуытыл ысхæцыди, Тызмæгхуызæй куы ферттывтой Дыууæ зæронд цæхæр цæсты, Æмæ уайтагъд йæ къабæзты Кæддæры тых куы фегуырди: — Чындз, бахаудтам ыстыр фыды,
Лæджы сæр иæ куы бахъуыди. Ыссардтой нæ тыхгæнджытæ, Æдых донау нæ тæнæгыл. Тагъд мын радав мæ ерæдзыип, Тæга ныр дæр тыхы боны Фыдæлгъыстаг бадилатæн Мæлæтдзаг цæф ныккæидзæпи.— , Æмæ дын уый гуыбыр-гуыбыр Сæ асинтыл куы ’рцæйхызти, Куы фæдзырдта уæд лæппумæ: — Гъей, тагъддæр-ма Луарыхъæумæ Ызгъоргæ ды фæдисы цырд! , Сафармæ мын фæхабар кæ, Тæгайы, зæгъ, сæр бахъуыди, Фæдисы нæм æрхæццæ уæнт! — Иæхæдæг дын уыцы ’мрастæй Сæ гæиахы ысмидæг и. ч Иæ уæлвæд ын сæ нæуæг чындз Æрбаскъæфта йæ хотыхтæ, Нымæтыл сæ уый арæхстгай Æд топпыхос æрæвæрдта. Гæнахы дуар æрвгæнæнæй Мидæгæй цырд æрæхгæдтой. — Чындз, абар ’мын ды топпыхос, Тæга та сын зæрондæй дæр Фенын кæна йæ лæгдзинад. Арæвдз кодта чындз топпыхос. Лæбурджытæм сисдзæфы раз Бабадтысты хæстифтонгæй. Мысырби дын йе ’мбæлттимæ
Валæууыди Бызыхъæуы. Тыхгæиджыты æваст бырстæи Кæм цы цæуы — хъус нал хаты. Хъыхъаг куьштæ рæйгæ-рæйын Бæхтыл сæхи бæргæ ’ппарыиц Фæлæ бæхты цæфхаддзæфтæй Куы атæхынц хъыллистгæнгæ. Хус сæнæрттыл къæбылатæ Дæлхъуыр-уæлхъуыр хуыссыдысты, Фехъал ысты сæ фынæйæ. Тарст сабитæ тæрсгæ-ризгæ, Ронбæгъд æмæ бæгъæввæдтæй Чи кæвдæсы, чи фæскъулы, Алы къуымты нымбæхстысты. Уынгты нал ис ызмæлæг дæр. Сылгопмæгтæ кауы гæмттæй Уадзавардæй нымдзаст ысты, Æмæ ризынц æмризæджы. Лæбурджытæ ызнæтхуызæй Фæпырх ысты къуындæг уынгты: Чи дзы скъæты фæмидæг и, Чи хæдзармæ балæбурдта. Мæхæмæт дын куы рацахста Нæуæг чындзы йæ къабазæй, йæ бæхмæ йæ куыд æргъæвта, Афтæ саби, хæкъуырцц-кæугæ, Ныййарæгыл куы ныттыхсти. Куырм зæронд лæг лæдзæджы ’нцой Лæхстæ кæнын куы фæлгъауы, Фæлæ йыл уæд æгъатырæй
Æруадысты ехсы цæфтæ, Æмæ уайтагъд урс зачъетыл Æркалдысты цæстысыгтæ. Мысырбн ’мæ къорд барæджы Раст Тæгаты кулдуары раз Бæхты цæхгæр фæурæдтой. Хæдзармæ дын бауадысты, Тæгайы ног рæсугъд чыидзы Алы къуымты фæцагуырдтой, Фæлæ йæ уым куы не ссардтой, Тæгатæн уæд Бечмырзæ дæр Сæ сау рæхыс сæ сæрзæдæй Кæртмæ хаста, дзæгъ-дзæгъгæнгæ. Гъе стæй уынджы Мысырбийыл Уæд уæлбæхтæй амбырд ысты. Тæга дын сæ сæ хъæууынджы Куы ауыдта, йæ хъыримаг Бæхбæттæнмæ æрбалхъывта, Иæ галиу цæст фæцъынд кодта, Иæ рахизæй ныхъхъавыди, Мæнгвæдæгыл æрбахæцыд... Фæцыд гæрах, ком анæрыд... Бечмырзæ дын ныццудыдта. Йæ сау бæхæй уый расхъиудта. Бæх фесхъиудта цæф бирæгъау, Йæхи фехста сисы сæрты, Уæд нымæты хæрдгæ бос та Саргъы гоппыл фæхæцыди. Уым базырсаст сау халонау
Тыгъдæй аззад саргъы уæлæ. , Тæга дæр та уæд цадæгган Ныхъхъавыди сæ иннæмæ, — Уый дæр та дын Бечмырзæйау Куырисфæлдæхт куы ракæны, Иунæг аззад Мысырби дæр, Ацахста йæ Тæгайы цæст, Бæргæ та йыи ныхъхъавыди Зæронд Тæга йæ тæрныхмæ, Фæлæ й ’адзал нæма уыди Фыд-зæрдæ лæг Мысырбийæн: Ие ’мбаргæ бæх туджы тæфмæ Тагъд алæууыд йæ фæстæгтыл, Æмæ нæмыг фæивгъуыдта... Уæззау мæлæт Мысырбийæи йæ мæнгард уд нæ аскъæфта. м * * Цъæх айнæджы гæмæх тигъыл, Маргъ тыххæйты кæдæм тæхы, Уым Цогойты бæрзонд мæсыг Зыны дардмæ цыртдзæвæнау. Фыдæй-фыртмæ, фæткмæ гæсгæ, Нæ цух кæны мæсыггæсæй, Бады та дзы иу лæппулæг; Гæрæхтæ йæм æрбайхъуысынц, Топпы фæздæг цæст ацахста. Мæсыгæн дын йæ фæлгуырмæ Фæгæпп кодта, комвæдисæн.
Асыгъта уым хъæмпы тыхтои, Р1æ уасæнæй иыууасыди. чУæд Цъамады мæсыггæсмæ Фæздæг уайтагъд æрбазынди, Уадындзы уаст æрбанхъуысти. "~ Стыр Мызуры мæсыггæс дæр Цъамады арт куы ауыны. Хъахъхъæнджытæ сæ мæсгуытæй Иугай-дыгай тыхст хъæлæсæй Кæнынц фæдис кæрæдзимæ. Зæрдæхалæн фæдисы хъæр Айхъуыст хъæутыл, уыгæрдæнтыл; Чи фæуагъта йæ хоскæрдын, Чи йе ссивын,' хос амайын.\ Талф-тулфгæнгæ, уæд уайсуры Кæнынц фæдис гæрзифтонгæй; Кæмæ — джебогъ, кæмæ — цæвæг, Кæмæ хъыримаг — æркъæпп æввонг, Кæмæ — сагоп, уæд дамбаца. * * * Бадилаты лæбурджытæ Куы ауыдтой мæсгуыты арт, Уæд, цъиусуры фæлæбурдæй Карчы цъиутæ куыд апырх уой, Уыйау, уынгты фæпырх ысты. Мысырби ’мæ йæ хъузæттæн Се уæнгты тас фæмидæг и: Рамбырд кодтой се ’дзæм мæрдты Æмæ тигъæй фæфале сты.
ДЫУУЛДÆСÆМ ЗЛРÆГ Дслæмырзæ йæ балимæ Æрбахæццæ Уæлладжырмæ Нарæг комы сæ хъæуысæр, Бæзджын мигъау æмвæтæнæй, Зилдухгæнгæ, рыг сыстади. Мæстæй рафыхт Аслæмырзæ, Фæцагайдтой сæ саулохты Разынди сæм уæд уалынмæ * Фахсы тигъæй бæхты рæгъау. Ратæрынц сæ тыхгæнджытæ, Æхситт æмæ хъæртæгæнгæ. Аслæмырзæ куы баввахсдæр, Куы базыдта сæ рæгъæуттæ, Уæд фембæрста, цæй фæдис у, Маст рафыхти йæ зæрдæйы, •■ Фæхъæр кодта, мæстæй судзгæ: — Нæ тохы бон, хъæбатыртæ, Сæр нæ бахъуыд, æхсары сæр! Цæйнæфæлтау æфсондз хæссæм, Фæлтау мæлæт хуыздæр уыдзæн.
Арсæмæг, ды дæ къордпмæ ^ Æрзил цæрдæг сæ уæлæты, Мæ бар сæ уадз дæлейы та! — Ехсыты къæрцц... тæлтæг бæхтæ Уæд фесхъиудтой сæ мидбынат, Фæттæ ’рдынтæй куыд атæхынц, Раст уыйхуызæн дыууæ къордæй Куы фæтæхынц сæ фыдгултæм. ’ Зынг фестади Аслæмырзæ, Ие ’ндон хъæлæс ныййазæлы: — Уæ зынæфсис бадилатæ, Лæджы ми та нæ бакодтат!.. Фæлæ уæ ныфс кæм бахастат, Уым бавзарæм нæ лæджыхъæд!.. Аслæмырзæ йæ тесмел кард Фæцъортт ласта йæ кæрддзæмæй; Иырттывта нын æрвæрттывдау. Бызыхъæуы барджыты къорд Лæбурджытæн сæ астæуты Се ’ргом кæдæм фæцаразынц, Сæ цыргъ кæрдтæ кæм æруадзынц, ^ Уым авæййы уынгтæ-уынгтæ. Фæлæ дын сæ фыдгултæ дæр Кæм уадзынц, кæ, уæлæнгæйтты! Æрсæрфынц сæ æхсаргæрдтæй, Нызгъалынц сыл тæвд нæмгуытæ. Хæст бацыдис йæ тæмæны. Фæиртæст ис уым йе ’мбæлттæй
Тæгайы фырт Аслæмырзæ , Æмæ бахауд уынгæг раны; Цалдæрæй йыл æртыхстысты, Къуыммæ йæ ’васт куы бахæссынц. — Гъæй, гъæй-джиди, кæм ыстут, кæ, Нæ комбæстæ, нæ фæсивæд, Уæ сæр нæ тыиг куы бахъуыди! — Аслæмырзæ куы бакæны. Сабазджери уæд аивæй Дуры аууон æрæмбæхсы, Æмæ згъалы тæвд нæмгуытæ, Сæ уæздæттæн сæ лæгдæртæй Бирæты уым æрфæлдахы. Чъылдымдзæфæй бадилатæ Æнæнхъæлæй фæсонт ысты. Мæнæ, мæнæ фæрсæрдыгæй Куырттатаг сахъ фæдисæттæ Арсæмæгимæ æрбафсæрынц, Тæвд нæмгуытæ сæ фыдгултыл Ихуарæгау куы нызгъалынц, Сæ бæхтæй сæ куы ракалынц. Арсæмæг уæд куы ауыны: Дæле комы фæзилæны - Уæлладжырæн сæ рæгъæутты Къорд барæджы кæй фæтæрынц; Æмæ сдзырдта уый йе ’мбæлттæм: — Ирвæздзысты сæ рæгъæуттæ! — Фæзылдта бæх уый иувæрсты, Иæ фæстæ та — иу-цалдæрæй. 23 пл 1ты х# 353
Кæсыиц: æмæ уым барджытæ Сæ саулохтыл сылгонмæгты, Хъæрахстгæнгæ, куы фæхæссынц. Сæ разæй та къухтæ бастæй Рæгъаугæсты куы фæтæрынц. Арсæмæг уæд æд æмбæлттæ Къуылдымгæрои æрæмбæхсти, НьГхъхъавынц сæм сæ хæтæлтæй, Иу нæмыг дæр нæ мæнг кæны. Уый-иу хохæй дзæбидырты, Цуангæнгæйæ, куыд фæлдæхта, Уыйау ам дæр фыдгæнджыты Хъæлзæнг бæхтыл фæцæф кæны. Топпы хъæртæ, цæфты ’рдиаг, Хъомты богъ-богъ, бæхты уасыи, Сылгоймæгты тарст дзыназып Парæг комы ныййазæлынц. Ныхасæн раст йæ комкоммæ Хидæвæрдау — бырæн бæлас, Уым Цъамады фæдисæттæ, Сафар сæ разæй, афтæмæй Æрбахизынц бæлас-хидыл. Мызур æмæ Бызыхъæуы Фæдисимæ фæиу ысты, Æрбаййæфтой сæ фыдгулты, Сæмбæлдысты ныхæй-ныхмæ. Сæ хъыримæгты гæрæхты хъæр Ныццарауынц æрвнæрæгау. Ызды нæмыг ныхситт кæны,
Хъæдæн йæ хих æрæзгъæлы. Топпы хæтæл зынг фестади, Цæхæр кæлы сæ лулæтæй, Топпыхосæн йæ сау фæздæг Кæны комы зилахартæ, Фæлмау бады къуыбылæйттæй. Уалынмæ сын бацайдагъ ис Æнауæрдон æрми-æрм хæст. Нарæг комы Аслæмырзæ Мысырбийы куы ауыны Иæ урс бæхыл, фæцæйтæхгæ, Афтæ фæци йæ хæд размæ. йæ кардæй йæ ныддауынмæ Бадилатаг куыд хъавыди, Раст ын афтæ Аслæмырзæ Иæ кардмæ кард фæцарæзта, Æмæ арвæй æхсæвыгон, Тæхгæ стъалы куыд ферттивы, Уыйау цæхæр куы акалдтой. Уæд Царцилан фæлæбурдта Бадилатаг хъалзæнг бæхæн Иæ бæрзæймæ йæ дæндæгтæй. Мысырби дын Ертугъаны Куы ауыдта, йæ туг калгæ, Уæд сæхсысти зæрдæтарстæй, Фæфæнд кодта Царциланæн Ныххафт ласын йæ тæккæ ных: Ф’æхаста кард йæ уæхскуæзæй, Фæлæ уæдмæ Аслæмырзæ Фæзылдта рог йæ сау бæхы,
Æмæ хъавæг фæнвгъуыдта; Цæф сæмбæлдис алтындзыхъыл, Æрмæст фæлыг агъды фæлмæн. Æрцæйсæрфта Аслæмырзæ Ныхмæлæууæг Мысырбийы. Бадилатаг мæнгард барæг Саргъæй йæхи фæкъул кодта, Æруади кард Ертугъаныл,-— Йæ галиу хъус фæсаджил н. Фæтарст урс бæх фыдбылызæй, Фæзылд цæхгæр йæхи фæндæй, Саппы сæрты тарст сæгуытау Уыцыиу зыввытт куы фæласта, * Пыхсы смидæг; атахтысты Иæ тибынгтæ. Иæ барæг ын Æрбалхъывта йæ даргъ рохтæ: [Фæзылдта йæ, æрбатæхы Иæ сурæгмæ, ныхæй-ныхмæ. Дыууæ бæхы сæ кæрæдзи Риугуыдыртæйы стъæпп ластой. Аслæмырзæ фыдызнагæн А-ныр йæ къух æрриуыгъа Раст æм афтæ Мысырби дæр Цæнгдыхæй кард куы фæхаста; Дыууæйæн дæр сæ хæд сæрмæ Кæрдтæ фесты дзуарæвæрд. Хъарадзауты Мысырбийæн Фæтахт йæ кард, зыланггæнгæ, Уæлладжырон ысгуыхтæн та Дыууæ фæхауд йæ карды ком.
Сæ дыууæ дæр æиæ кæрдтæй Зæхмæ цæрдæг æргæпп ластон, Цæстныкъуылдмæ сæ кæрддзæмтæй Уæд фелвæстой сæ хъаматæ. Æмæ та сын мæлæтдзаг хæст Бацайдагъ и дзыхъыиногæп. Фæцарæхсти Тæгайы фырт, Æрдаудта дзы Мысырбийы, Знаг йæ тæныл фæхæцыди, Атартæ сты йæ цæстытæ. Уалынмæ та дыккаг цæф дæр Фыццаг цæфы тагъд байнæфта, Пыссагъта йын йæ зæрдæсæр Фæтæн хъама пæ фистонмæ, Ахызт хъама йæ фæсонæй. Аслæмырзæ йæ цыргъ хъама Рæвдз асæрфта цъæх кæрдæгыл, Атъыста йæ йæ кæрддзæмы. Мысырбийы æхсаргард та Иæ астæуыл æрбабаста, Ысуади цырд йæ сау бæхмæ. Хур ахъазы хæцæнгæрзтыл, Уæд фæдисы дзæнгæрæгау Кæрдты дзæхст-дзæхст ныййазæлы. Тохы арты фыд уылæнты Фæцæф мæнæ Сабазы бæх. Барæг зæхмæ æргæпп кодта, Цæрдæг фæкаст, куы ауыдта
Ертугъаны уæтъДиДонæй, Гæппæй уапгйЕ, кæсгæ, уасгæ. Йæ тæккæ раз æрæмбæхсти; Бæх æм куыддæр æрбахæццæ; Лфтæ йыл уæд æвиппайды Сабаз йæхи æрбапнæрста, Ертугъан æм гæмæлхъусæй Йæ дæндæгтæй фæлæбурдта. Сабаз дын æм фæцæрдæг и,— Æмæ уайтагъд дыууæ къухæй Фæхæст бæхæн йæ бæрзæйыл, Уарийау æм ысгæпп кодта. Ныззылди бæх йæ цыппæртыл, Рохтæ тонгæ, уый фесхъиудта. Футтытæ ’мæ хуыррытгæнгæ, Иæ фæстæгтыл фæлæууыди. Сабаз ын уæд йæ мылытæ Згъæллаггæмттæй ысцæйфазта, Февзыста йæм,— хæсты астæу Кардæлвæстæй фæмидæг и. Уæд Азæмæт Ертугъанмæ Фæкомкоммæ. Фæуыргъуыйау. Фæскъуыбырмæ æрбазгъордта, Уым ауыдта Мысырбийы, Фалдæр та йын йæ марæджы, Йæ зæнджы цæф бæтгæ-бæттын. йæ маст рафыхт Азæмæтæн, Фæфæнд кодта йæ туг райсыи.
Æрбахъуызы цъæх бирæгъау Йæ туджджынты зынгæдæрмæ! •- - Сабазджерн фæкомкоммæ Бадилатаг Лзæмæтмæ, Уарийау æм æрбатæхы, Гуырæп-гуырмæ фæныхмæ сты: — Равдис-ма ныр дæ лæгдзинад, Бадилаты «уæздан» хъал гуырд, Дæ кæвдæсард цагъаримæ! — Фæлæбурдтой кæрæдзимæ, Цъæх обауæй æртылдысты, Иу иннæйы бынæйгæнгæ... Йæхи стыдта Сабазджери, Хуырты ’хсæн æй æрæфсæрста, Ацахста йын йæ даргъ къубал, Пæ быны нæ иыххурх кодта. Луыдта нæ Лслæмырзæ, Фæрухсдзаст и, бауади нæм, Акодта йæ йæ хъæбысы, Ныккасти йын йæ цæстытæм: — Бузныг, бузныг, хъæбатыр гуырд, Лæджы зæрдæ кæй риуы ис. Фæлæ мæнæ фæскъудзийæ Тугъаны-фырт Дударыхъо Фæцарæзта йæ дамбаца. Фæцыд гæрах, Сабазджери Æвиппайды ныццудыдта. Иæ цæфыл ма йæ фыртæвдæй Æдых къухæй фæхæцыди.
Цæхгæр фæзылд Аслæмырзæ, Иæ фыдгулы фæцæйсырдта, Фæлæ та уæд Дударыхъо Анфтыгъта нæ дамбаца, Дыккаг гæрах æрбакодта, ; Æмæ хъуызгæ фæлидзæг и. Уæд сагартæн Аслæмырзæ Фестъæлфыди нæмыгдзæфæй, Ыссыгъд артау йæ галиу цонг. Уайтагъд фездæхт кæвдæсардмæ, Йæ уæлхъус уый æрбалæууыд. Ризгæ былтæй, йæ удисгæ, Сабазджери ныууынæргъы: — Сабаз, мæлын, уæ ме ’фсымæр!— Асгæрста йын йæ фæсонтæ Тæгайы фырт Аслæмырзæ, Æрбайста йæ йæ хъæбысмæ, Æмæ йын цырд йæ хъæдгæмттæ Ъасылыхъæй æрбатыхта. Сабазджери куы ныхъхъæрзы: — Сабаз... Сабаз... мæлдзынæи дын... Ныууадз... фæдæн... нæ ныййарæг... Бирæгъты ’хсæн куы баззади... Æнæ дарæг... дæхæдæг ма... Иæ сæр ыи уæд Аслæмырзæ Йæ уæрагыл æрæвæрдта, Иæ цухъайы фæдджитæй йын Иæ хид-цæсгом куы асæрфы. Рæвдауы йæ, ныфс æвæргæ.
Фæсоитау и Сабазджери... Фæстаг хатт ма йæ цæстыты Царды суадон куы ферттывта, Ыскасти ма йæ узæлæг, Рæвдауæгмæ; фæдзæхсы йын: — Сабаз нæ дæ?.. Аслæмырзæ... Ныр ме ’фсымæр цы фæуыдзæн?.. Фæстæмæ йын бадилатæм Нæй аздæхæн... Фæкæс-иу æм... — Тæрсгæ ма кæн, о ме ’фсымæр, Дæхи, гормон, куы ауагътай! Адæм куы стæм. Нæ хæдзары, Иу бннонтау куы цæрдзыстæм. Æркæндзыстæм дæ мады дæр. Куы сдзырдта уæд Сабазджери: — Цæй адджын дæ, фæлмæн ныхас, Зæрдæмæ ды куыд арф хъарыс! — Æмæ сабыр, худæнбылæй Æрæхгæдтой йæ цæстытæ. Ныттыхсти йыл Аслæмырзæ, Æркалдысты йæ цæссыгтæ. Фæскъуыбырмæ цырд сызгъордта, Фæгæпп кодта йæ дугъонмæ, Ногæй тохæн йæ тæмæны Иу æхстуадæн фæмидæг ис. Уæд туаллæгтæ, куырттатæгтæ, Уад-дымгæйау бадилаты Алы къумтæм куы бахæссынц. Бадилаты лæбурджытæ Уæд уаддзагъдау куы баисты.
Кæм къардиуты, кæм астымты Ныссуйтæ сты сæ рæгъæуттæ. Чи фистæгæй, хъуызгæ-хъуызгæ, Атагъайы фæмидæг и, Чи та бæхыл, тæрсгæ-ризгæ, Цæфты, мæрдты куы фескъæфы. Тарст бæхтæ дæр дзæгъæл уадæй Нал æнцайынц сæ уасынæй. * * * Фæздæг сыстад хæцæи фæзæн, Саумылазон мигъ уадсистæй Хæхты ныхтыл æрбатыхсти. Цæфты хъæрзын, цæфты ’рдиаг, Сау маройау æрбайхъуысы. Халыл кондау сау сынтытæ Доны былтæм æрбазилынц, Тулдз бæлæстыл нымбырд вæййынц, Хъуахъ-хъуахъгæнгæ, сæ холытæм Дзагъырдзастæй æрбакæсынц. Уæлладжыргом сæ хъæубæстæм Æрбахæссынц уæззау цæфты;' Сафары дæр хъæрзгæ-хъæрзын Сау нымæтыл æрæвæрдтон. Ныккæсы йæм, мыр-мыргæнгæ, Иæ саулохаг æнкъард цæстæй, Иæ былтæ йыл æрбасæрфы.
Йæ уæлхъус, уым, сæргуыбырæй Уый къахындзæг куы райдайы. Иæ барæг ма — Зембатты-фырт Рабадынмæ бæргæ хъаьы, Фæлæ йæ тых куы басасти. Сафар фæсонт... дзæгъæлдзастæн Уыи райдаиы сæнттæ цæгъдын: «Не ’фсин, ма тæрс... цæуыл тыхсыс?.. Мæнæ цуанæп... сычъи ’рхастон... Афыц ма дзы... сывæллæттæн... Фæдис! Фæдис! Нæ рæгъæуттæ... Бадилатæ... нæ худинаг...» Асаст йе ’взаг, нал тасыди. Фæстаг ызмæлд, фæстаг улæфт... Бæгъатырæи йæ сахъ зæрдæ Иæ кусынæй æрæнцади. Чи зоны ’мæ цы фембæрста, Цы базыдта Сафары бæх! Цæхгæр фæзылд, цыппæрвадæй, Иæ сæр тилгæ, хуыррытгæнгæ, Хауæн тигътæ нал хатыдта; Тæхгæ-тæхын йæ цæфхæдтæй Ыспырх кæиы лыстæг хуыртæ. Сау халæттау йæ хæд сæрмæ Фæпырх вæййынц æмгуыдынæп. Æнæ барæг, æнæ равгæй Доны былты къæдзвæндæгтыл Тæхы, уаиы сæ хъæуырдæм. Хидæндзаг буар куы баризы.
Тугæвдылдæй, тыхуылæфгæ\ Ысмидæг бæх сæ кæрт ’астæу. Ныххоста зæхх пæ цæфхæдта;и, Хъуыривæзтæп ныууасыди... 364
т ÆРГЫНДÆСÆМ ЗАРÆГ Уæлладжыры уынгæг коммæ Ныккасти хур фæлурсхуызæй, Митсæр хæхтæ ныджджих ысты, Айнæг фæрстыл бæзджын мигътæ Фæлладгъуызæй æрбадтысты. Фæнлауы дон; йæ пырхæнтæ Тайынц къæйтыл цæстысыгау. Пыхъхъус и хъæд, мæстæлгъæдæй Æркъул кодта йæ бæрзонд сæр. Бæлæстæи ма сæ сыфтæртæ Кæнынц мæсты сыбар-сыбур. Мæрдвынæй у Сабазджери, Сау сынтыл æй æрбахастой Сабаз æмæ Аслæмырзæ, Тæгатæн æй сæ кæрт ’астæу Сау нымæтыл æрæвæрдтой. Кæлмæрзæнты, былтæбастæй Фæзындысты сылгоймæгтæ. Æрбацæуынц зæронд лæгтæ, Марды æгъдау æххæстгæнгæ.
Зæроид Тæга лæдзæджы ’нцои, Джихтæгæпгæ, æрбахæццæ Æмæ зйаиæн пæ цæсгоммæ Æдзынæгæй куы ныккасти: — Чи у цымæ ацы сахъ гуырд? Уый кæп хæдзар æрбанхæлди? Сабаз хатыр куы ракуырдта. Маст ныхъуыргæ, зæрдæрисгæ: — Ныббарут мын, уæ хорз адæм! Сабазджери у — ме ’фсымæр, Райгуырдыстæм Дыгургомы Бадилатæм кæвдæсæрдтæй Дыууæ фаззон æфсымæрæй. Цагъар æмæ уæззау царды Нæ астæутæ ныкъкъæдз ысты, Сæ уайдзæфæй, сæ фидисæй Нæ цард бынтон куы сæнад и... Фæлæ иунæг ныр баззадтæн... Уæд æм дзуры Аслæмырзæ: — Нæ, иунæг ды нæ уыдзынæ! Дæу хонын ныр æз ме ’фсымæр. Дæ ныфсæй æз сæрыстыр дæн, Æхсарджын дæн дæ хъаруйæ.— Æмæ йæ кард, йæ фæринк кард Уæд сыхæлдта нæ астæуæн, Ысласта йæ йæ кæрддзæмæй, Сабазмæ йæ куы бадардта: — Мæнæ дын уый мæ тохы ’хсар Хъарадзауты Мысырбийы — Нæ цæстысындз фыдгулы кард,
Лæвар дын уæд цæрæнбоитæм, Фæрнæй йæ дар кæддæриддæр! \ Сабаз кардмæ куы февнæлдта. Зæрæхсидты хуры тынтæм Нырттывта кард, цæхæр калгæ. Зæронд Тæга æфсымæрты Иæ хъæбысы æрбакодта, Æмæ ’ртæхтæ къæвда боны Цъæх сыфтæртыл куыд æртулынц, Афтæ цадæг нæ цæссыгтæ Æруадысты йæ уадултыл: — Цæрут, цæрут, мæ хъæбултæ, . Цæрут1 Уæ ныфс мын бирæ уа! — Сабыргай уæд йæ цæстæнгас Арсæмæгитыл ахаста. Арсæмæгмæ куы бацæуы — Хъæбыстæ йын куы фæкæны: — Куырттатæгтæ, тыхсты заман Кæддæриддæр нæ фарс вæййут. Ыæ циныл цин куы фæкæнут, Уæ зæрдæтæм нæ маст хæссут, Фыдæлтæй уьш куы баззади Æхсар æмæ уæздандзинад. Лæгдзинад та куы равдыстат, Фæдисы нæм æртахтыстут. Фæрнæй цæрут, хъæбатыртæ, Сæ фæндиаг уæ хисдæртæн! Домбай кæнæд уæ иудзинад Нæ цины бон, нæ хъыджы бон!
Ыстыр бузиыг, иæ кæсдæртаэ, Æгайтыма сымахæи дæр Уæ зæрдæты, æвзонг уæнгты Фыцы, ’хсиды фыдæлты туг! Æмæ джйауыр «уæздæтты» раз Не ’ркъул кодтам нæ урс сæртæ. Уæ руаджы нын нæ чызджыты, Нæ уайсадæг ног чындзыты Уацайрæгтæй бадилатæ Сæ дзыккутæй нæ фæластой. Рухсаг фæу, хъæбатыр гуырд,— Домбайзæрдæ Сабазджери. * * * Мигъ сыстади урс пæлæзау Уæлладжыры бæрзонд хæхтæй, Æнусон хъæд сæрбæрзондæй Иæ цъæх сæрыл ысхæцыди, Æмæ цинæй йæ къалиутыл Мæргътæ систой пæррæстытæ. Зæрæхсид та сырх адардта, Рæгътæ ’рттивынц сызгъæринау. Æррадон дæр йæ зарджытæ Уыигæг кæмтты куы нывæнды. Уылæнгæнгæ, кæрвæдз хортæ Ныффæйлауынц æмвæтæнæй. Сур уадымсæн йæ суых-суыхмæ Зад æфсиртæ сæдæ ’взагæй, Сисынц симгæ, сусу-бусу.
ф ЦЫППÆРДÆСÆМ ЗАРÆГ \ Бадилаты фæсивæдæн Сæ зыланг зард, сæ симды цагъд Нæры дардыл цъæх нæувæзæй. Хъазты фидауц — фæндырдзæгъдæг йæ фæндыр рог куы айвазы. Даргъ æнгуылдзтæ, ивгæ-зилгæ, Рæвдз æрдавы амонæнтыл. Уым лæппутæ, æмдзæгъдгæнгæ, Фæндырдзагъдмæ куы базарынц: «Æрцæгъдут-ма, нæ чызджытæ, Нæ бæлццæттæ Уæлладжырæй Æртæрдзысты бæхрæгъæуттæ, Семæ та ныи æркæндзысты Цумагæнæн фæсдзæуинтæ». Над нæудзармыл сæрак дзабыр Пал æнцайы йæ хъыс-хъысæй. Парæгастæу чызджытæ дын Тасгæ-уасгæ куы расимыиц. Сæ хъазгъуыртæй сæ фæрдгуытæ, Риударæнтыл æгънæджытæ,
Налхъуыт-налмас хъусдзæджьпæ Цæхæр кальшц ысгьалытау, Сæ хъазт æмæ сæ циндзинад — Ов^бæлццæтты æрæздæхтмæ; Чи дзЫбæллы йе ’фсымæрмæ, Чи уарзопмæ, чи йе ’рдхордмæ. Алимæт та сæ рудзынгæй Даргъ фæндагмæ куы нымдзаст и; Зæрдæ риссы сусæг рыстæн, Кæсы ’нхъæлмæ йæ бæлццонмæ. # .(« * Симæн фæзмæ, тæргæ-бæхтæй Фæзындысты фæдисæттæ. Сæ саулохты фындзты хъæлтæн Ныллæууыд хид цыхцырджытæ. Хъазты чегъре фæурæдта Уæд кафт æмæ фæндыры цагъд. Фæдисæттæ,.фæткмæ гæсгæ, Рахизырдæм æрхызтысты, Лæууынц сабыр сæ бæхты раз, Галиу къухты — сæ ехсытæ. Сæ сау хабар куы ракодтоп, Уæд фæснвæд æнæихъæлæй Аззадысты уым сагъд дуртау. Кæуынтæ ’мæ ниуынтæ дын Куы райдыдтой сæ чызджытæ,
Сæ цæсгæмттæм фæлæбурынц, Сæ дзыккутæ куы ныттонынц... Пзæрмилты сæ бæлццæттæ Цагъдуæлдæйттæ, уæнтæхъилæй, Сæргуыбырæн фæэыидысты. Сæ мæрдты ’мæ уæззау цæфты Сау сынтытыл æрбахастой. Зæронд лæгтæ тымбыл къухтæй Сæ даст сæртæ куы ныххойынц. Мæоддзыгойы сылгоймæгтæ Æмбырд кæныиц чыртæ-чыртæй. Госæда дæр тæрсгæ-рнзгæ, Сæ бэедщцæттæм куы рауади, Иæ зонгуытыл æрлæууыди, Дударыкъойæн йæ фæдджитæ Æрбатухы йæ хъæбысы: Афæрсы нæ тæрсгæ-ризгæ: — Мæ хъæбултæ цы баисты! Мæ цæст сыл ам куы иæ хæцы?!— Уæд æй къахæй Дударыхъо Æгъатырæй куы асхуыста, Тызмæгæй йыл фæхъæр кодта: — Дæ дзæгъæлзад къæбылатæ Рацыдысты гадзрахатæй, Ныккодтам сæ куыпты мæрдтæ.— Уæд Госæда фырадæргæй Къæхты бынмæ куы ныррызти. Афтæ ма-иу æрдуз ’астæу Тулдз бæлас дæр æд уидæгтæ
Уад-дымгæмæ куы иызмæлы. Араы риумæ уый асплтæ Авæрдтайд йæ фыртыхстæй. Дадалитæм фæлæбурдта, Пæ уæрджытæ куы æрхоста, Ратахт, мæгуыр, йæ хæдзармæ, Æмæ уайтагъд сæ къæсæрыл Хъарæг кæнын куы райдыдта. йæ кæуынмæ, йæ мароймæ Сау хъæд калы йæ цæстысыг. Æмæ куыннæ! — йæ тæригъæд Айнæгмæ дæр куы бахъардзæн: «Уæ, мæ бындур куыд ныззылди! Мæ цæргæстæ, мæ дарджытæ... Мæ дуне мыл куы баталынг, Афтидæй уæ куы баззадтæн, Мæ фæрстæ уыи æрбайхæлой, Топпы цæф лæг дойны кæны, ^ Æмæ, мыййаг, кæд дон куырдтат, Доназарæй уæ туг нуæзтат! / Кæд тар хъæды цъæх сыфтæртæй Комраз кодтат уæ хъæдгæмтты! Кæд мын, мыййаг, уæ цæсгæмттыл Уæ туг ныппырх сæуæртæхтау! Æнæ цæстыл фæхæцæгæй Кæд, мæ хуртæ, уæ уд истат! — Уæд уæ мæгуыр ныййарæг мад Базырджын маргъ куыннæ фестад Æмæ уæм уый куыннæ фæтахт! Уæ, мæ къона куыд бауазал!
Мæ арвы рухс ыстъалытæ, Тар хъæды уын кæд афонмæ Сау сыит къахы уæ цæстытæ! Ие уын ахсæв дзæгъæл комы Кæд уе ’фхæрд буар хъæддаг сырдтæ, Мыййаг, уæнггай куы рæдувой! — Уæд мæ къæхтыл куыд цæудзынæи? Рафтаудзынæн мæ сау рæхыс, Ме^’фцæгыл æй æртухдзынæн, Æз мæ быдыргъ сау дарæсы Къуылбæрзæйæ куы цæудзынæн. Уазал æмæ даргъ æхсæвты Къонаиы был куы ниудзынæн, Маст пыхъуыргæ, зæрдæдзавдæп, Урс æртхутæг куы кæндзынæн. Мæ бон бакалд, цы ма кæнон, Ме ’гъдынцæйттæ, мæ ныфсытæ! Уæ, нæ удхор бадилатæ, Бахордтат мын мæ хъæбулты! Мæ хъæбулты тæригъæдæй Уе ’нæрвæссон сылгоймæгтæ Мæиау, ниугæ, зæрдæхæлдæй Сæ цард-бонтæ куыд фервитой. Уе ’взист гæрзтæ цъæх ызгæ суой, Уæ лыстæг сынк уæздан дарæс! Ивд æрцæуа цъæх хъисынæй! Уæзгуытæй уæм уæ саулохтæ Барæгагур куыд фæуасой! Уæ ис, уæ бон нæ мæгуыртæн Уаринагæн куыд баззайой!»
ф ФЫНДДÆСÆМ ЗЛРÆГ М^йдæр æхсæв. Хъуынтъыз у арв. Уæззау мигътæ фæлæгæрдынц. Хæзнидонæн йæ хæдзæрттæ ; Ысты мæрдцъыид, нæ сæ кæлы Мынæг рухс дæр. Ныкъкъуырма сты, Быгъдæг ысты йæ уынгтæ дæр. Кæддæрау дзы сæ фæсивæд Мæ кæнынц тезгъо ’нафонтæм. Сæ зарджытæ нæ райхъуысынц. / Сабыр у хъæу. Иæ куыйтæ дæр Куы нæ рæйынц, нымбæхстысты. Цыма сæ хъæуы судзгæ маст Æрбайстой арф сæ зæрдæтæм. Æмæ æдзæмæй сау дарынц. Æрмæстдæр дымгæ, рог дымгæ, Сабыргай уынгты разилы. Цæуы ма рухс, хæрз мынæг рухс Ныллæг хæдзарæй хъæугæрон. Æнуд хъарæг дзы райхъуысы, Æмæ йæм дымгæ байхъусы. Æваст уым кæрты февзæрди Æнахуыр барæг. Бæласыл
Æрбаста цырд дыууæ бæхы. Хъуызгæ-хъуызгæ уый барасти, Фæйнæрдæм кæсгæ, хуыккоммæ, Сабыргай тарваз бахоста. Æиуд хъарæг æрбамыр и. — Кæцы дæ? Чи дæ ац ’афон? — Ус радзырдта æрхæндæгæй. — Æз хицон дæн — туалгоймаг. О, ма фæтæрс, мæ мады хай! Дуар байгом и, æрбахызти Æнахуыр бæлццон мидæмæ. Уæнтæхъилæй, сæргуыбырæй Тæфæрфæсгæнгæ ’рлæууыди. Зæронд ус æм, тæрсгæ-ризгæ, Иымдзаст æдзæм, мæрдонгъуызæй. — Мæ мады хай, фæфидар у! Дæумæ æз хорз уац пе ’рхастон. Фæлтау мæхæдæг уыцы бон Куы стылдаин мæ сау туджы, Æмæ дын ныр куы нæ зæгъин, Кæй фæмарди Сабазджери. Пыхъхъус и ус, йæ цæстытыл Цæссыджы ’ртах нæ фæзынди. Уæд уазæг дæр фæтыхсæгау Цы ма зæгъа, уый нал зыдта: — Сабаз дæумæ мæн рарвыста,— Ысдзырдта ма æрæджиау. — Сабаз зæгъыс? Æгас ма у? — Фæсонтау ус, фæхъæр кодта.
— Сабаз æгас у, ма иын тæрс, Нæхимæ нс, Уæлладжыры. •. Чысыл фæдæф, сæрæгас у. — Цытæ хъусын, дæ фæхъау фон,— Фемæхстысты йæ цæссыгтæ. Ныттыхсти ус йæ уазæгыл,— Дæ фæхъау фоп, æгайтма мын Мæ рыст зæрдæ ысрухс кодтай. Мæнæн та ам бадилатæ, Сæ туг, сæ рондзы самæцой, Сæ дыууæйы дæр мард хуыдтой. Мæхимæ дæр æртхъирæнтæ Куы кæнынц уыцы тугхортæ. Дæ фæнык, дам, дыи дымгæмæ Ныддымдзыстæм, дæхи, дам, дын Куыдзы ’ппарæнæй фехсдзыстæм.— Æмæ хъæрæй ныдздзыпæзта. — Мæ мады хай, чысыл фæхæц Дæхиуыл, цæй! Рæстæг нын нæй. Цæуæм хъæмæ — Уæлладжырмæ. Дæуæн иæй бонмæ баззайæн Æппыидæр ам, куы сæ зоныс. — Кæдæм ма мæ фæхæсдзысты Кæдæм, мæ хур, мæ уæрджытæ! Фæлæ цæуыи, цæуын уæддæр. Дæ хорзæхæй, кæй фырт дæ, кæ? Фыртыхсгæй дæр дæ н’ афарстоп. — Тæгайы фырт Лслæмырзæ. — Тæгайы фырт! Дæ нывонд фон,
Æмæ дæ хурæй бафсæдон. Тæгсшы фырт, мæ хъæ(}ул дæ. , Фырцииæн ныл куы атыхсти. . — Дæ хъæбул дæн! Дæ хъæбул дæи! Сабаз та у ныр ме ’фсымæр, ^ Ды та — нæ мад, нæ уарзон мад. Фæстаг хатт ма æрзылди мад Йæ къонайыл, цæссыг калгæ, Æрбатыхта йæ хæррæгътæ, Нывæрдта сæ йæ дзæкъулы. Сабыргай кæртмæ рахызти, Йæ фæдыл та Аслæмырзæ, Æрлæууыд кæрты сагъд цыртау, Зæрдæмæ хъусгæ аззади. Фæкасти бирæ, тынг бирæ Æнæсыбыртт йæ хæдзармæ. Мæйдар æхсæвау саударæй Ныггуыппæг и йæ мæгуыр къæс. Цæстытыл тагъд-тагъд уадысты Иæ хъизæмар, йæ фыдбонтæ. Ам ацы саудар хæдзары Нæ федта иунæг рухс бон дæр. Сæ хурæй ам нæ бафсæсти Иæ хъæбултæн — йæ фаззæттæи. Иæ цард ам мадæн ингæл уыд, Уæлхъæдæй баруад, бахус и. Аслæмырзæ йæм саргъы бæх Хæстæг-хæстæг æрбаласта. Æмæ йæ саргъмæ сæргъæвта
— Æлгъыст фæу, мæ сау къона, Æлгъыст фæу, мæ сау йнгæн! Дзыназгæ мад фæхъæр кодта. Саргъы бæхты фæцагайдтой —- Æрбатар ысты мæйдары.
ф ФÆСНЫХЛС Ыстылди-иу мæй цæлхыдзагæй, Фæлгæсыд-иу сæрыстырæй, Æмæ та-иу сæуæхсидыл Хæхты фæстæ æриыгъуылди. Ленк кодта хур, цæхæр калгæ, Иывæзта уый зæлдаг тынтæ. Бои-иу атахт, æхсинæгау, Аз-иу ивта æндæр азы... Джихæй баззад тæгæр бæлас, Ыал æй уыди ’бæрæггæиæг. Нал æм хъуысти бадилатæп Цины зарæг, фæндыры цагъд. Нал бадтысты йæ быны дæр Бадилаты зæронд лæгтæ Тыхбырыстыты, уынаффæты. Сæ хъазæивæз ныззауат и. Нал дзы симдтой сæ фæсивæд. Æрмæст ма-иу ыстæм хатт ам Бадилаты тыхгæнджытæ Æрбадтысты изæрыгои. Æнкъардæй-иу мысыдысты
Сæ рагбоиты иыббырстытæ. Мысыдысты мæстæлгъæдæй, Уад-дымгæиау кæй адымдтой Лæбурдтыты рæстæджытæ. Зæроид тæгæр æрымысы, Бстъырбухмæ куырттатæгтæ Уæрæсейы ус-паддзахмæ Минæвæрттæ куыд арвыстой, Цæмæй Ирыстон баиу уа Уæрæсеимæ ’нус-бонтæм. Æрымысы тæгæр бæлас, Хæхбæстæй уæд ирон адæм Куыд лыгъдысты тыгъд быдыртæм, Æдасæй дзы куыд цардысты. Фæлæ уæддæр цард хъулон уыд, Æбар уыди фæллойгæнæг, Хъæздыджытæ йæ бæрзæйыл Куы бадтысты æппынæдзух. Æрымысы тæгæр бæлас, Цытджын Уырысы кусæг кълас Куыд райхъал и йæ фынæйæ. Домбай уæнгтæ куыд айвæзта, Сæрибар цардыл карз тохмæ Æхсарджынæй куыд рабырста. Æрымысы тæгæр бæлас, Уырысы фæрцы Иры дæр Æфхæрд дзыллæ куыд сыстади, Нæ арф кæмтты куыд арыдтой Сæрибарыл йæ зарджытæ. Сылтаныхъы быдыры дæр
Тырысатæ куыд фæплыдтон. Æгъатыр тох куыд фæкодтой Сæ амоидыл, сæ фидæпыл. Æрæмысы тæгæр бæлас, Иæ рагбонтæ, фыд-замантæ. Иæ зæрдæ мастæй баризы, Куы ныттилы йæ сыфтæртæ. * * * Мæ кæсдæртæ, мæ буц хуртæ, Куы-иу бафтат Сылтаныхъмæ Æмæ, мыййаг, тæгæр бæлас Куы ныттила нæ сыфтæртæ, Уæд зоиут уый, æрымысы Иæ рагбонтæ, фыд-замантæ. Сыф-сыфгæнгæ йæ сыфтæртæй Фæдзуры уын йæ мæстытæ.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Нæ зарæггæнæг Хадо. Дарчиты Длуыт. . . 5 ÆМДЗÆВГÆТÆ Ард 15 Уый ды дæ, о нæ парти! 17 Серго Кавказы 20 Уый йæ фæстæ фарн ныууагъта .... 22 Кировæн 24 О мæ Ир! 20 Æз дæн лæггадгæнæг дæуæн 27 Мæ зарæг 29 «Мæ сонт зæрдæйыл фæлдæхт уыд дур...» . . 31 Амонд 32 Зæронд куырд 33 Нæ зæрдæтау нæ бæстæ срухс и .... 35 Ме ’хсар, мæ ныфс дæ 37 Фарн — нæ куысты, фарн — иæ дзырды . . 39 Æрцыди май! 40 «Нæ хъазтæй хауы уæларвмæ дур...» . ... 42 Мады лæггад 43 Каспп-дснджыз 45 Индиж-дон 47
Дагъистаны поэгтæн 49 Цæгъд, мæ уаргон чонгурист! 51 Ног азы куывды 53 Пог аз 55 «Дæ фæдзæхст дыи мæ зæрдæйы хæссыи...» . . 57 Мæ фыдæлты >æзæг 58 Æз къахæй-къухмæ дæр дæу дæи .... 59 Горæт Орджои.жидзе 61 Кæм дæ, Къоста? 63 Хетæгкаты Къо;таиæи 65 «Æз дард балцы куы ацæуыи нæ бæстæй...» . . 68 «Цыма чындзæхсæв хæхтæм ис...» .... 70 Хъелы цад 71 «Уæлдай рæсугъц вæййыс, мæ хъæу...» ... 73 Уæлæхох дыл куыд уон! 74 Айнæгмæ 76 Æрдз худы, йæхицæй ныббуц 78 * Дидинæг ... 79 Фыййау 80 «Уæлхох быдыртæ, сæрвæттæ...» . . . . 82 Хæрзбон, нæ ссрвæттæ 83 Хосгæрдæнты 84 Сычъи 86 «Зæрæхсидæй та сфидыдта мæ бæстæ...» . . 88 «Изæрæй хъазы уадымс рæгътыл...» 89 «Рагъæй хур йа^ цæст æрдардта...» .... 90 Уалдзыгон мæрзътæ 91 Æртахт зæрватыкк 93 Рагуалдзæг .94 Майы 95 Дзьшцайы арфаг 97
Сæууои балц ." '99 Сæуæхснд 101 Хæххои райсом 102 Дыргъты бæркад 103 Фæззыгоп хъæд 104 Фыи 105 Къухтæй мæ срæдзыип ахауд æваст . . .107 Сæгуыт 108 Изæр 110 Хæххон сæрвæттæ 111 Мæйрухс у мæ зæрдæйы хуызæн . . . .112 Барæг, баззад дæ мæ уд 114 Нигерæн 115 Æфсадмæ 117 Арæнгæс 119 Тæхджыты зарæг 120 Ма кæн хъыг! 121 Пыр цы уромы хæстопы! 122 Сидзæр саби 123 Дидинджытæ 125 Дыууæ цæссыджы 127 Фæмысын æз 129 Мады зæрдæ 131 Цъити ’мæ мæнау кæрæдзи рæвдыдтам . . . 134 Æнæном хæстоны цырт 136 Зыланггæнгæйæ хъуыст мæ зарын .... 137 Ныхас мæ бæхимæ 138 Мæн тавта дæ цæстыты рухс 141 Бæгъатырæн 142 Платаны бæлас 144 Колхозон бригад \ .146
Зæрдæ ныррухс вæййы . , . . . .148 Пæ фæззæг, нæ зымæг —-фæрныг .... 149 Иууыл сызгъæрин дæ 150 Циу цымæ æнæ дæу цард! 152 Сæумæрансом 154 Уæд æдзухдæр зары æмæ зары 155 Гыццимæ 156 Дыууæ чызджы зарыиц 158 Гъей-джиди!.. Ю0 Райдзаст бон 152 Ног барæг 154 «Æнафон.". Мæй худы, тæмæнтæ куы калы...» . 157 Æрцу, дæ уыидмæ тынг бæллын . . . -159 Æз кæм уон, кæм цæуон 171 Романс 173 «Сау æхсæв тарф фынтæй...» 1У5 Дæуыл фембæлгæйæ 1У7 Æз хуры тын федтон йæ цæстыты ’пгасы . . ^9 Кæдмæ ма æмбæхсæм? 1§0 Цæй-ма, рацу! 131 Симæн фæзы 182 Ромаис 134 Ма мæм ысдзурæд: «Хæрзбон»!.. . . . • 185 Чызджы хъынцъым 187 Ссивæнты • . 189 Ды мæм рæсугъддæрæй зыныс 1д0 *Цы ма зæгъон, мæ хуры тын! Мæ сæнтты...» . ^ Мыййаг, куы нал фембæлæм сом . . . «193 Куы мын раттис дæ зæрдæ 195 Леуахипы былыл 197 Уæдæ мæ цæстыты рухс кæм и? . . , «198
Æрттиш мæп, цæхæртæ калы 199 Мысыи 200 Мæ саулохаг 202 «Бæрзоид ыстылди мæй, бæрзоид...» .... 205 «Уæ мæ царды хай...» 206 Куы рафтауы дидннæг розæ 203 Фиалкæты бæсты мах агуырдтам амопд . . 210 Кæй хорз чындз уыдзæни 211 Хæхты минæвар 212 КАДДЖЫТÆ: Лрагуи 217 Сæлимæт 249 Фæндаг 269 Уæлахизы кадæг 283 ■*
ПЛНЁВ Харитой ДавидовиЧ ПРОйЗВЕДЕНйЯ в однсм томе Стихи, легенды, поэмы (на осетинском языке) Редактор Б. А. МУРТАЗОВ Художник X. И. ЗАНГИЕВ Художественный редактор У. К. КАНУКОВ Технический редактор Ю В ГРЕЧИШКИНА Корректоры Е. У. ДАТРИЕВА,М. Г. ГАДЗАЛОВА Наборщик Е. Н. СИЛКИНА Печатиик С. Т. КОЦОЕВ
Сдано в набор 10-1-1972 г. Подписано к пемати 6-1У-1972 г. Формат бумаги 10хЮЗх1з2 • [ Печ. л. 12,125. Усл.-п. л. 16,98. Учетно-изд. листов 11,22. Тираж 1000 экз. Заказ № 81. Изд. № 5. Цена 1 р. 30 коп. На бумаге № 1. ЕИ 00736. Книжное издательство Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. ОрджошгаидзеТул. Тельмана, 16. 7-4-3 29--72М