Ныббырст. — Баситы М. тæлмац
Кафтизæры фæстæ. Брытъиаты С. тæлмац
Ходынкæ. — Брытъиаты С. тæлмац
Æртæ марды. — Брытъиаты С. тæлмац
Бирæ цымæ хъæуы, адæймаджы зæхх? — Плиты X. тæлмац
Кавказаг уацайраг. — Плиты X. тæлмац
Цæй тыххæй? — Тотраты Б. æмæ Саламты Къ. тæлмац
Хъазахъ. — Зæнджиаты Бæбуйы тæлмац
Текст
                    Л.Н. ТОЛСТОЙ
уацмыстæ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУДГЪДАД
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ • 1953


л. толстой ИЗБРАННЫЕ ПРОИЗВЕДЕНИЯ Перевод на осетинский язык Северо-Осетинское книжное издательство Дзауджикау * 1953
НЫББЫРСТ Волонтёры радзырд I Дыууадæсæм июлы капитан Хлопов, эполеттæ æмæ йыл æхсаргард, афтæмæй æрбахызт мæ ныккæнды ныллæг дуарыл. Кавказмæ куы æрбацыдтæн, уæдæй нырмæ йæ ахæм дарæсы фыццаг хатт федтон. — Ныртæккæ булкъонмæ уыдтæн, — загъта уый, фæрсæгау æм кæй бакастæн, уый тыххæй, — нæ ба- тальон райсом цæуы. — Кæдæм? — бафарстон æй æз. — №№-мæ. Æфсæддæн се ’мбырдгæнæн бынат уым нысангонд у. — Æмæ уырдыгæй та, æвæццæгæн, искуыдæм абалц кæндзыстæм? — Хъуамæ. — Æмæ кæдæм? дæумæ куыд кæсы? — Куыд мæм кæсы? Цы зонын, уый дын куы зæ- гъын. Дысои æхсæв ииæларæй æрбахæццæ иу тæтæй- раг барæг — æрбаласта приказ, цæмæй батальон йемæ айса дыууæ боны фаг сухаритæ æмæ дарддæр цæуа; кæдæм, цæмæн, цас рæстæгмæ? уыдæттæ та, мæ хур, фæрсгæ нæ фæчындæуы: загътой ацу æмæ— хъуыддаг ахицæн. — О, фæлæ, кæд сухаритæ дыууæ бонæн йеттæмæ нæ хæссынц, уæд æфсæдтæ дæр, æвæццæгæн, фылдæр нæ бафæстиат уыдзысты.
— Куыннæ стæй, уый мур дæр ницы давы... — Уый та куыд? — афарстон æз дис кæнгæйæ. — Афтæ, гъе! Даргимæ куы ацыдыстæм, уæд не- м,æ сухаритæ къуыриваг ахастам, уым та фестæм æнæ- хъæн мæйы бæрц. — Æмæ мæнæн уемæ ацæуæн нæ уыдзæн? — чы- сыл рæстæджы фæстæ бафарстон æз. — Ацæуæн та цæуылнæ ис, фæлæ куы нæ ацæуай, уæд хуыздæр. Дæхи тæссаг ран цæмæн æвæрыс... — Нæ уæдæ, нæ, бар 1мын ратт дæу коммæ нæ ба- кæсынæн: æз ам æнæхъæн мæй æрмæст уый тыххæй куы цардтæн, æмæ исты хъуыддагмæ банхъæлмæ кæ- сон — дæу та афтæ фæнды, æмæ йæ ауадзон. — Цæй, уæд та рацу; фæлæ уæддæр хуыздæр нæ уаид, куы баззаис, уæд? Ам нæм банхъæлмæ кæсис, цуан кæнис; махта, хуыцауы фæрцы, араст уыдаиккам. Æмæ куыд хорз уаид! — затъта уый ахæм бауырнинаг хъæлæсы хаттæй, æмæ мæм иу цъусдуг афтæ фæкасти, цьгма уый æцæгæйдæр хорз уаид; фæлæ æз цæхкæр ныллæуыдтæн, цыфæндыйæ дæр иæ баззайдзынæн, зæгъгæ. — Æмæ дзы, цымæ цы пæ федтай? — дарддæр мæ бауырныи кæныныл архайдта капитан. — Цавæр хæ- стытæ вæййы, уый базонын дæ фæнды? Михайловский- Даиилевскийы чиныг «Хæсты тыххæй фыстытæ» ба- кæс—иттæг хорз у: алцы дæр дзы æрцыд бæстон фыст—корпустæй кæцы кæм лæууыд, уый дæр, æмæ хæстытæ куыд цæуыпц, уый дæр. — Нæ, нæ, мæн уыдоны мæт нæй æппындæр, — дзуапп радтон æз. — Æмæ уæдæ? Дæу, æвæццæгæн, адæмы куыд ма- рыыц, æрмæст уый фенын фæнды?.. Æртын дыккæгæм азы ма ам уыдис иу цавæрдæр адæймаг, службæ чи нæ кодта, ахæм, испайнаг, æнхъæлдæн. Дыууæ стæры немæ цыди, цыдæр цъæх уæлæдарæсы... стæй уæддæр фæмард и, мæгуыр, сахъгуырд. Ам, мæ хæлар, дисы никæй бафтаудзынæ. Капитан мын мæ фæнд афтæ зыгъуыммæ кæй бам- бæрста, уый мæм кæд цыфæнды худинаг каст, уæддæр ын афтæ нæу, зæгъгæ, нæ дзырдтон. — Æмæ хъæбатыр уыд? — бафарстон æй æз.
Хуыцау йеттæмæ йын чи цы зоны: алы хатт дæр цыд разæй; кæмдæридцæр-иу æхстой, уым-иу фев- зæрд. — Уæд, кæй зæгъын æй хъæуьг, хъæбатыр уыд, — загътон æз. — Нæ, йæ фындз кæм нæ хъæуы, уым чи тъысса, уый хъæбатыр нæ хуыйны... — Уæдæ ды та хъæбатыр цы хоныс? — Хъæбатыр? хъæбатыр? — афтæ фыццаг хатт кæй бафæрсынц, ахæм адæймагау дзырдта капитан. — Хъæбатыр уый у, æмæ йæхи куыд æмбæлы, афтæ чп дары, — загъта уый, чысыл ахъуыды кæнгæйæ. Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд, Платон хъæба- тырдзинад куыд бæрæг кæны, уый: тæрсын цæмæй хъæуы æмæ нæ хъæуы, уый зонынæй. Æмæ кæд капи- таны ныхæстæ цыфæнды иумæйаг æмæ бæлвырд уыдысты, уæддæр ахъуыды кодтон, зæгъгæ, сæ дыу- уæты сæйрагдæр хъуыдытæ дæр, куыд зыны, афтæ алыхуызон не сты; уый нæ, фæлæ ма мæм капитаны хъуыды бердзенаг философы хъуыдыйæ растдæр фæ- каст, уымæн æмæ уый Платоны хуызæн дзурынмæ куы арæхстаид, уæд, æвæццæгæн загътаид, зæгъгæ, хъæба- тыр уый у, æмæ тæрсын цæмæй нæ хъæуы, уымæй нæ, фæлæ цæмæй æмбæлы, уымæй чи тæрсы. Мæн фæндыд мæ хъуыды капитанæн бамбарын кæнын. — О, — загътон æз,—мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы тæсса-г уавæры дæр равзарынæш амал вæййы, æмæ, зæгъæм, хæс хъуыды кæнгæйæ цы равзарай, уый хъæбатырдзинад у, ницæйаг хъуыдыйы фæдыл цы рав- зарай, уый та — тæпгтуддзинад: æмæ уымæ гæсгæ цытмæ тырнгæйæ, кæнæ фыр цыбæлæй, кæнæ та фыр зыдæй й,æ цард тæссаг ран чи æвæры, уыцы адæйма- гæн хъæбатыр схонæн нæй, стæй афтæ, йæ бинонты раз^ йæ хæс рæстæй хъуыды гæнгæйæ, кæнæ та æнæ- уый йæ зондахастмæ гæсгæ тæссаг ранмæ бацæуыныл чи не сразы уа, уыцы адæймагæн тæппуд схонæн нæй. Цалынмæ дзырдтон, уæдмæ мæм капитан каст цы- дæр æнахуыр æыгасæй. — Гъе уый дын мæ бон нæу сбæлвырд кæнын, — загъта уьтй, йæ лулæйы тамако нæмгæйæ, — фæлæ
махмæ ис иу юпкер, æмæ уый уарзы арф хъуыды ны- хæсгæ акæнын. Уыимæ адзур. Æмдзæвгæтæ дæр фыссы. Æз хæстæг æрмæст Кавказы базонгæ дæн капита- нимæ, фæлæ йæ зонгæ Уæрæсейы дæр кодтоп. Йæ мад, Марья Ивановнæ Хлопова, цыбыр къух помещик, цæры мæ бæстыхайæ дыууæ версты цыды. Кавказмæ ацæуыны агъоммæ йæм уыдтæн: зæронд ус тьгнг фæ- цин кюдта, йæ Пашенькæйы йын кæй фендзынæн, ууыл (афтæ хуыдта зæронд, урссæр капитаны) æм:е йы-н дзыхæй-дзыхмæ мæ бон кæй уыдзæн йæ мады хабæрттæ ракæнын æмæ æрвитæккаг раттын. Хорз пи- рог æмæ мæ хæрзад маргъы фыдæй дзæбæх фенгæйæ, Марья Ивановнæ рацыд иниæ уатмæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхт, тар зæлдаг уадздзаг хуыд кæуыл уыд, ахæм сау стыр-гомау дзуары нывимæ. — Мæнæ уый у нæ бардуаг, нæ мады хай-нæ сæрылдзурæг, — загъта уый, дзуар бафтаугæйæ ныбба кодта мадымайрæмы нывæн, æмæ йæ мæнмæ радта. — Бафыдæбон кæн, мæ хур, фæхæццæ йæм æй кæн. Зо- ныс, Кавказмæ куыддæр ацыд, афтæ йын аргъуаны хуыцаумæ бакуывтон æмæ дзырд радтон, сæрæгас æмæ æнæсахъат куы уа, уæд скæнын кæндзынæн мадымай- рæмы ацы хуыз, зæгъгæ. Ныр æстдæс азы дæргъы хъахъæд цæуы уыцы завды æмæ дауджыты хорзæхæй: иу хатт дæр нæ фæцæф, афтæмæй цавæр хæстыты нæ уыд, ахæм ма цымæ баззад... Йемæ чи уыд, уый — Михайло мын куы фæныхæстæ кодта, уæд, уырны дæ, мæ сæрыхъуын арц сбадти. Æмæ науæд, цы дзы зо- нын, уый дæр æцæгæлæттæй: йæ балцыты тыххязй мæм, мæ хур, марадз зæгъай, кæд исты фыссы—■ фæ- тæрсынæй мæ хизы. (Капитан цыппар хатты уæззау цæфтæ кæй фæци, уый æз базыдтон суанг Кавказы, уый дæр уымæн йæхицæй нæ. Æмæ ахæм уавæрты куыд вæййы, афтæ нæдæр йæ цæфты тыххæй, нæдæр йæ балцыты тыххæй ницы фыста йæ мадмæ). — Уадз æмæ ныр ацы зæды хуыз йæ риуыл да- ра, — дарддæр дзырдта уый, — æз æй ууыл фæ- дзæхсын. Сыгъдæг мадымайрæм æй бахъахъæн- дзæн. Уæлдай дæр та-иу æй хæцæнты йæхицæй ма цух
кæнæд. Раст-иу ын афтæ зæгъ, мæ хур, уый, зæгъ, дæ мады фæндон у. Æз ын дзырд радтон уыцы фæдзæхст бæлвьЦэд сæххæст кæныны тыххæй. — Æз зонын, бирæ бауарздзынæ мæ Пашень- кæйы, — дарддæр дзырдта зæронд ус, —уый ахæм дзæбæх у, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уырны дæ, ахæм аз нæ рацæудзæн, æмæ уый мæнæн æхца ма ’рбарви- та; мæ чызг Аннушкæйæн дæр тынг æххуыс кæны; æмæ уый иунæг мыздæй! Сыгъдæгзæрдæйæ хуыцауæй разы, ахæм хъæбул мын чи радта, — фæци ныхасгонд уый, йæ цæстытæ доны разилгæйæ. — Арæх дæм фыссы? — бафарстон æз. — Ницы уыйас, мæ хур: афтæ афæдз иу хатт, уый дæр æхцаимæ куы вæййы, уæд, афыссы дыууæ- æргæ ныхасы, науæд та æппындæр нæ. Куыницы, дам, дæм фыссон, мæ мады хай, уæд уый зон, æмæ дæн сæрæгас æмæ дзæбæх, кæд æмæ мыл, хуыцау бахизæд, фæлæ исты æрцæуа, уæд æй æнæмæн дæр ныффыс- дзысты. Капитанæн йæ мады лæвар куы радтон (уый уыди мæ фатеры), уæд ракуырдта тухæн гæххæтт, бæстон æй батыхта æмæ йæ бамбæхста. Æз ын бирæ æмæ лæм- бынааг фæ.кодтоп йæ мады царды хабæрттæ; капитан шщы дзырдта. Куы фæдæн, уæд уый ацыд къуыммæ æмæ цыдæр æнахуыр æрæгмæ архайдта йæ лулæимæ. — Бæгуы дзæбæх зæронд ус у, — æрæджиау фехъуыст уырдьигæй йæ æмыргомау хъæлæс,— чи зо- ны, хуыцау ма мын æй феньтн кæна. Уыцы хуымæтæг ныхæсты хъуысти стыр уарзон- дзинад æмæ æнкъарддзинад. — Ам цæмæн службæ кæныс? — загътон æз. — Службæ кæнын хъæуы æмæ уымæн, — дзуапп мын^радта æнæгуырысхойæ. — Мах хуызæн мæгуыр адæймæгтæн та дыууæ мызды чысыл не сты. Капитан кодта хæдзардзин цард: къамæй нæ хъа- зыд, кеф кодта æрмæст искуы иу хатт æмæ дымдта, цæмæдæр гæсгæ тютюн нæ, фæлæ цыдæр æнахуыр но- мæй^кæй хуыдта, ахæм тамако. Капитан мæ зæрдæмæ амæй размæ дæр цыд: уымæн уыди, йæ цæстытæм æх- сызгонæй æмæ æнцонæй комкоммæ кæсæн кæмæн ис,
уырыссаг ахæм хуымæтæг, æнцад цæогомы хаттытæй иу; фæлæ йын уыцы ныхасы фæстæ райдыдтон фыл- дæр аргъ кæнын. II Иннæ бон райсомæй цыппар сахатыл капитан мæ- ныл рацыд. Йæ уæлæ уыд зæронд, фæуд сюртук æнæ эполеттæй, уæрæх лезгинаг хæлаф, чи сбури æмæ йæ фист дæлæмæ кæмæн æрзæбултæ, ахæм урс уæлдзарм худ, æмæ ницы уыйас бæллиццаг азиаг æхсаргард йе уæхскыл. Р1æ цъæхбын ныллæг аласа, сæр дæлæмæ æруадзгæйæ, уади лыстæг сиргæйæ æмæ æппыше- дзухдæр тылдта йæ тæнæг къæдзил. Бакæсгæйæ кæд зæрдæхæлар капитан хъазуат нæ, фæлæ рæсугъддæр нæ зынди, уæддæр йæ алфæмблай цыдæриддæр уыдта, уыдонмæ афтæ æвæлмасæй касти, æмæ йын’ адæймаг æнæбары дæр аргъ кодта. Мæнмæ йæ æппындæр æнхъæлмæ кæсын нæ ба- хъуыд. Уайтатьддæр мæ бæхыл абадтæн, æмæ иумæ рацыдыстæм фидары кулдуары æттемæ. Батальон махæй фæци иу-дыууæ фондзæссæдз сар- дзины раздæр æмæ зынди цавæрдæр уыцы иухуызон æнкъуысæг дзыгуыры хуызæн. Уый фистæг æфсад кæй у, уымæн бамбарæн уыдис æрмæстдæр уымæй, æмæ арæх даргъ судзинтау бæрæг дардтой сæ джебогътæ, хаттгай-иу æрбайхъуыстысты салдæтты зарæджы æмæ барабаны зæлтæ, стæй æхсæзæм ротæйы хъырнæджы стыр æхсызгон хъæлæс, æз-иу алы хатт дæр фидары уæвгæйæ, стыр дис кæуыл кодтон, уый. Фæндаг цыди арф æмæ уæрæх ададжы астæуты, уыцы рæстæг абузгæ чи кодта, ома, чи раивылд, уыцы цæугæдоны был- гæрæтты. Хъæддаг бæлæтты балтæ дыууæрдæм код- той йæ сæрмæ: куы-иу æрбадтысты дурджын былгæ- роныл, куы та-иу, уæлдæфы разилгæйæ æмæ тагъд зилдухтæ кæнгæйæ, цæстытæй фæаууон сты. Хур нæма сзынди, фæлæ ададжы рахиз фахсы цъупп рухс кæ- нын байдыдта. Фæныкхуыз æмæ урсбын дуртæ, бур- бын-кæрдæгхуыз хъуыиа, сындз, цым æмæ сывылдз бæ- лæсты æртахæй æмбæрст къудзитæ скæсæны рæсуг, зæринхуыз рухсмæ зынын байдыдтой иттæг хорз æмæ
бæлвырд; фæлæ уыцы рæстæг иннæ фахс, æмæ, фæз- дæгхуыз бæзджын мигъы æмызмæлгæ сывæлдæгтæйг æмбæрзт чи уыди, уыцы æрх та уыдис уымæл, хъуыптъыз æмæ дзы бафиппайæн кæмæн нæ уыд, фæ- лурс-тарбын цъæх, саумæ ’ввахс тар, кæрдæгхуыз æмæ урс ахæм алыхуызтæ сиу сты. Комкоммæ нæ размæ тарбын цъæх арвы кæрон диссаджы сыгъдæгæй зын- дысты сæнтурс, мигъхуыз митджын хæхты фæтæнтæ, суанг фæстаг æндæрджы онг аив бæрæг дардтой сæ аууæттæ æмæ тигътæ. Бæрзонд кæрдæджы райхъал сты цъырцъырæгтæ ’мæ мингай æндæр хилджытæ æмæ уæлдæф байдзаг сæ цъæхснаг, æнæрынцайгæ зæлтæй: афтæ каст, цыма хъустæн сæхи мидæг æнæкæрон би- рæ къаннæг дзæнгæрджытæ цагътой. Уæлдæфы лæу- уыд доны, кæрдæджы, мигъы тæф, — иудзырдæй, фындзы хуынчъытыл уади рæсугъд рагсæрды сæумæ- райсомы тæф. Капитан зынг рацагъта æмæ лулæ одымдта; йе ’нахуыр тамакойьг æмæ схоны тæф мæм мæлæты дзæбæх фæкасг. Max цыдыстæм фæндаггæрон, цæмæй тагъддæр баййæфтаиккам фистæг æфсады. Капитан уыди иннæ хæттытæй æнкъарддæр, йæ дзыхæй иæ цух кодта да- гъыстайнаг лулæ æмæ алы къахдзæфæн дæр йæ зæ- вæттæй хоста йæ чысыл бæхы. Хайуан уади рауз-бауз кæнгæйæ, йæ фæдыл бæрзонд хуылыдз кæрдæгыл уагъ- та тарбынцъæх фæд. Хъæргæнгæ æмæ, цуанопы æваст чи фестъæлфыы кæны, йæ базырты уыцы уынæримæ йæ тæккæ къæхты бынæй стахт сындзыкарк æмæ сын- дæггай йæхи уæлæмæ систа. Капитан æй хъуыды дæр не ’ркодта. Батальонмæ фæцæйхæццæ кодтам, афтæ фæстæ- рдыгæй фехъуыст бæхы къæхты гыбаргыбур, æмæ уайтагъд нæ фæрсты цыппæрвадæй сивгъуыдта тынг дзæбæх æмæ хæрз æрыгон лæппу афицеры сюртучы æмæ бæрзонд урс уæлдзарм худы. Махкуы æрбаййæф- та, уæд нæм йæ мидбылты бахудт, йæ сæрæй акуывта капитанæн æмæ ехсæй февзыста... Æз æрмæстдæр ба- фиппайдтон, саргъыл æнахуыр рæсугъд кæй фндыд- та æмæ рохтыл куыд арæхстджынæй хæцыд, уый æмæ йын кæй уыд рæсугъд сау цæстытæ, нарæг аив фындз æмæ, иырма æрæджы чи рахæцыд, ахæм рихитæ. Мæ
зæрдæмæ дзы уæлдай тынгдæр фæцыд, уарзæгой каст æм кæй кодтам, уый бафиппайгæйæ йæ бон æнæ бахуд- гæ кæй нæ баци, уый. Æрмæст уыцы бахудтæй дæр бæрæг уьгди, нырма хæрз æрыгон кæй у, уый. — Кæдæм тындзы цымæ, — æыæразы хуызæй ба- хъуырхъуыр кодта капитан, лулæ йæ дзыхæй нæ ис- гæйæ. — Чи у уый? — бафарстон æй æз. — Прапорщик Аланин, мæ ротæйы афицер... Кор- пусæй нырма æрæджы æрбацыд. — Æвæццæгæн, хъуыддаджы фыццаг хатт цæуы, — загътон æз. — Гъе, гъе, æмæ уый тыххæй афтæ цин кæны, — хъуыдыты аныгъуылгæйæ дзуапп радта капитан. — Æвзонгдзинад. — Æмæ куыннæ цин кæна. Æз афтæ æмбарын, æмæ æрыгон афицермæ уый хъуамæ стыр диссагкæса. Капитан иу цасдæр ницы дзырдта. — Гъе, гъе, æз дæр уый кой кæнын: æвзонгдзи- над, — дарддæр дзырдта уый бæзджын хъæлæсæй.— Цæуыл хъуамæ цин чьшдæуа, æппын ницы уынгæйæ. Мæнæ дзæвгар куы ауæдтытæ кæнай, уæд нал цин кæндзынæ. Зæгъæм, мæнæ махæй, афицертæй, ныртæк- кæ цæуы ссæдз адæймаджы: чидæртæ нæ хъуамæ фæуа мард, йе цæф—уый æнæмæнг. Абон æз, райсом уый, шшæбон та æртыккаг: цин та уæдæ цæуыл хъуа- мæ кæна адæймаг? III Хур куыддæр йæ цæст фæсхохæй сдардта æмæ, мах кæуылты цыдыстæм, уыцы дæлвæз рухс кæнын бай- дыдта, афтæ мигъы къæбæлдзыг æврагътæ атадысты, æмæ сæнтæф. Топпытæ æмæ голджытæ се’ккæйтты, афтæ.мæй салдæттæ сындæггай цыдысты рыг фæнда- гыл; сæ рæнхъыты рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыст украи- наг æвзаджы хатт æмæ худын. Цалдæр ацæргæ сал- даты урс кительты — сæ фылдæр уыдысты унтер- афицертæ — сæ лулæтæ дымгæйæ цыдысты фæ-ндаджы иувæрсты æмæ уæзбын ныхас кодтой. Æртæ бæхы ив- тыгъд уæрдæттæ сæ цъуппытæм амадæй цадæггай
æнкъуыстысгы размæ æмæ сæ фæдыл истой бæзджын æнæзмæлгæ рыг. Афицертæ бæхтыл цыдысты разæй; чидæртæ, Кавказы куыд фæдзурынц, афтæ джигитов- кæ кодтой, ома-иу бæхыл ехсæй æрлæууыдысты æмæ- пу æй иу цыппар гæппы акæиып кодтой, стæй-иу, сæ сæртæ фæстæрдæм фæзилгæйæ, дзыхълæуд фæкодтой; иннæтæ цыдысты, æнтæф æмæ æнуд ницæмæ даргæйæ, иу зарæг иннæйы фæдыл æвæлмæцгæйæ чи зарыд, уыцы зарæггæнджытимæ. Фистæг æфсадæй иу сæдæ сардзины раздæр бæх- джын тæтæйрæгтимæ стыр цъæх бæхыл цыди бæрзонд æмæ рæсугъд афицер азиаг уæлæдарæсы. Уьгй полчъы зыдтой, йæхиуыл чи нæ ауæрды, ахæм хъæбатырæй æмæ кæмæндæриддæр рæстдзинад комкоммæ чи зæгъ- дзæн, ахæм адæймагæй. Йæ уæлæ уыди хæрдгæбос- джын сау куырæт, уый хуызæн зæнгæйттæ, къахыл æнгом чи бадт, ахæм ног сæрак дзабыртæ алдынбыд хуыдæй, бур цухъа æмæ бæрзонд, фæстæуæз сагъдуæл- дзарм худ. Йæ фæсонтыл æмæ риуыл зындысты æвзисг хæрдгæбыдтæ, сæ уæлæ топпыхосзæрдæн æмæ синты ’рдыгæи дамбаца ауыгъдæй, и-ннæ дамбаца æмæ æв- знст хъа-ма уыдысты роныл ауыгъд. Æппæт уыдоны уæлæ баст уыд æхсаргард сырх сæракæй кæрддзæмы хæрдгæбыдтимæ, йе уæхскыл та топп æфтыд сау агъу- ды. Иæ уæлæдарæсæй, бадтæй, йæхи куыд дардта, уымæй, ст-æй йæ алы фезмæлдæй дæр бæрæг уыдис, тæтæйраджы хуызæн уæвыныл йае уд кæй хъардта, уый. Уый ма суанг цыдæртæ дæр дзырдта ме’нæзонгæ ’взагыл, йемæ чи цыд, уыцы тæтæйрæгтæн; фæлæ-иу уыдон кæрæдзимæ куыд дисгæнгæйæ, былысчъилтæ кæнгæйæ бакастысты, уымæ гæсгæ мæм афтæ фæжа- сти, цыма йæ уыдон не’мбарынц. Уый уыди, Марлип- окийыæмæ Лермонтовы тæфаг кæмæ фæхæццæ, нæуы- цы æрыгон афицертæй, сахъ бæхылбадджытæй иу. Уы- цы адæймæгтæ Кавказмæ кæсынц æрмæстдæр нæ рæ- стæд>кы хъæбатырты, Мулла-Нурты æмæ æндæрты цæстæй, æмæ сæ митæ иууылдæр вæййыпц, сæхæдæг эемхиц цæмæ сты, сæ конд куыд амоны, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ уыцы хъæбатыртæ куыд фæкæнынц, афтæ. Зæгъæм, поручик хъуамæ уарза хæрзæгъдау сылгой- мæгты æмæ хабедзен адæймæгты—инæлæртты, бул-
къонты, адъютантты æхсæн уæвын, — мæнмæ ма афтæ дæр кæсы, æмæ уыдоны æхсæы уæвын бирæ кæй уарз- та, уымæ гæсгæ уыд æнæкæрон тынг цытуарзаг, — фæ- лæ уый æнæмæнг йе хæсыл нымадта æппæт хабедзен адæймæгтæм йæхи гуымиры хуызы æвдисын, кæд сын тынг гуымиры ныхæстæ нæ кодта, уæддæр. Æмæ-иу фидары исты уæздан чызг куы фæзынд, уæд-иу йе хæ- сыл нымадта йе’рдхæрттимæ уымæн йæ рудзгуыты цурты айдагъ сырх хæдоны æмæ айдагъ дзабырты æнæ цъындатæй цæуын, уыимæ-иу хъæр кодтаид æмæ æлгъыстаид йæ дзыхы дзаг. Æмæ-иу æппæт уыдæттæ чызджы бафхæрыны тыххæй нæ кодта, фæлæ цæмæн равдиса, цы рæсугъд урс къæхтæ йын ис æмæ йæ куы бафæндид, уæд ын куыд бауарзæн уаид, уый тыххæй. Кæнæ та дыууæ-æртæ сабыр цæрæг тæтæйрагимæ æх- сæвыгон цыдис хæхтæм рæсæнмæ, фæндæгтыл-иу цы фыдуаг, тугмондаг тæтæйрæгтæ фæцæуынц, уыдон размæ бабадыны æмæ сæ амарыны тыххæй. Иæ зæр- дæ-иу æм кæд арæх сдзырдта, уым сахъдзинадæй ницы ис, зæгъгæ, уæддæр йе хæсыл нымадта, цæйдæр тых- хæй, цыма, фыдæнхъæл кæмæй фæци æмæ уымæ гæс- гæ ницæмæ кæй дардта æмæ йе’нæуынон чи уыди, уы- цы адæмы хъизæмары æфтауын. Йæ уæлæйæ æппын- дæр никуы иста дыууæ дзаумайы: дзуары стыр ныв æмæ, хуысгæйæ дæр цух кæмæй пæ кодта, уыцы хъа- ма йæ хæдоны уæлæ бастæй. Æцæгдзинадæй йæ уыр- ныдта, знæгтæ йын кæй ис, уый. Искæмæй йæ йæ маст райсып æмæ йе’фхæрд тугæй æрæхсын кæй хъæуы, ууыл йæхи бауырньш кæнып нымадта тæккæ стырдазр æхсызгондзинадыл. Уый гуырысхо нæ кодта, адæмы мыккагмæ æнæуынондзинады, мастисыны æмæ йæ ни- цæмæ дарьшы хъуыдытæ тæккæ сыгъдæгдæр поэтикон æнкъарæнтæ кæй сты, ууыл. Фæлæ йæ уарзон, — кæн зæгъын æй хъæуы черкесаг чызг, — уый фæстæ дæр ма-иу кæй федтон, уый, — дзырдта, зæгъгæ, дам, уый уыди тынг зæрдæхæлар æмæ сабыр адæймаг, алы аз дæр, дам, иу ранмæ хаста йæ тархъуыды фыстытæ, хæххытæгонд гæххæттыл хыгъта йæ нымаинæгтæ æмæ йæ зонгуытыл куывта хуыцаумæ. Æ,мæ цас фыдæбæт- тæ федта, цы уæвын æй фæндыд, уый хуызæн йæхимæ цæмæй зындаид, æрмæст уый тыххæй! Уый та уымæн,
æмæ йæ йе ’мбæлттæ æмæ салдæттæ йæхи фæндиаг не ’мбæрстой. Иу ахæм та йе ’рдхæрдтимæ æхсæвы фæндаджы былгæронмæ куы рацыд, уæд афтæ рауад, æмæ фæцæф кодта тугмондаг цæцæйнаджы æмæ йæ райста уацары. Цæцæйнаг поручикмæ фæцарди авд къуырийы. Поручик æй дзæбæх кодта æмæ йæм зылди раст йæ хæстæгдæр хæларау, стæй куы сдзæбæх, уæд æй лæвæрттимæ ауагъта. Уый фæстæ бонты иу экспе- дицийы рæстæджы поручик салдæтты къордимæ гæ- рахгæнгæйæ фæстæрдæм куы фессæста, уæд знæгты æхсæнæй фехъуысти, чидæр æм йæ но-мæй куыддзырд- та, уый. Уалынмæ размæ рацыд, кæй фæцæф кодта, йæ уыцы æрдхорд æмæ йæ къухтæй бацамыдта, пору- чик дæр афтæ цæмæй бакæна, уый. Поручик бацыд йе ’рдхорды размæ ’мæ йынйæкъух айста. Хохазгтæлæу- уыдысты дардгомау æмæ не ’хстой. Фæлæ куыддæр поручик йæ бæхы фæстæмæ фæзылдта, афтæ йæ цал- дæр адæймаджы4 багæрах кодтой, æмæ ыæмгуытæй иу зулаив сæмбæлд йæ синтæй чысыл бындæр. Иннæ хатт та мæхи цæстæй федтон, æхоæвыгоп фидары сыгъд куыд уыди æмæ йæ салдæтты дыууæ ротæйы куыд хуыссын кодтой, уый. Сыгъды тугхуыз пиллонæй рухс- гонд адæмы дзыгуыры æхсæн сау аласа бæхыл æвип- пайды фæзыпд бæрзонд лæджы æндæрг. Æндæрг фæй- нæрдæм схуыстытæ кодта адæмы æмæ цыди арты тæк- кæ размæ. Куы йæм бахæццæ, уæд поручик æргæпп кодта бæхæй æмæ азгъордта, йæ иу тигъ кæмæн сыгъ- ди, уыцы хæдзармæ. Фондз минуты фæстæ поручпк уырдыгæй рацыд арыд сæрыхъуыытимæ æмæ сыгъд рæмбыпыкъæдзимæ, зынгæй кæй фервæзып кодта, уы- цы дыууæ бæлоны йæ роны рахæсгæйæ. Иæ мыккаг уыди Розенкранц, фæлæ кæмæй рав- зæрд, ууыл арæх дзырдта; йæрайдайæн ын-иу куыддæр æгъдæутгæй байдыдта варягтæй æмæ-иу бæлвырд рав- дыста, йæхæдæг дæр æмæ йæ фыдæлтæ дæр уырыс- сæгтæ кæй сты, уый. IV Хур арвы æмбисмæ схæццæ æмæ хус зæхмæ æрвы- ста йæ судзгæ тынтæ. Тарбын цъæх арв уыд бынтон сыгъдæг; æрмæст митджын хæхты бынмæ зыньш бай-
дыдтой цъæхбын урс æврагътæ. Раст афтæ зынд, цыма уæлдæф æппындæр не змæлыди æмæ дзы кæрæй-кæ- ронмæ цыдæр рæсуг рыг сбадт; тынг æнгæф кæнын байдыдта. Фæндагæн йæ раст æмбисыл цы чысыл суа- дон калд, уырдæм куы бахæццæ сты, уæд æфсæдтæ бонасадæн скодтой. Салдæттæ, сæ берданкæтæ иумæ амусонг кæнгæйæ, азгъордтой суадонмæ; батальоны командир аууоны йæхи æруагъта барабаныл æмæ, йæ Н01МЫ æмбæрц йæхи ныккадджын кæнгæйæ, цалдæр афицеримæ хæрын райдыдта; капитан æрхуыссыд ро- тæйы цыппæрцалхыг уæрдоны бын кæрдæгыл; хъæба- тыр поручик æмæ ма ноджы цалдæр æрьггон афицеры нæууыл æрытыдтой сæ нымæттæ æмæ уыданыл сæхи ауагътой. Сæ цуры цы фляжкæтæ æмæ æвгтæ зынд, уыдонæй, стæй зарæггæнджыты уæлдай разæнгарддæр хуызæй бæрæг уыди, кеф кæнынмæ кæй хъавынц, уый. Зарæггæнджытæ æрдæтзнллаккæй лæууыдысты сæ ра- зы æмæ æхситтгæнгæйæ кодтой кавказаг тымбыл каф- ты цагъд: Шамнл хъавыд бунт кæнынмæ Ивгъуыд фæстаг азты.,. Трай-рай, ра-та-тай... Ивгъуыд фæстаг азты. Афнцерты ’хсæн уыди, райсомæй нæ разæй чи фæ- ци, уыцы хæрз æрыгон прапорщик дæр. Уый мæм цы- дæр æнахуыр худæг фæкаст: йæ цæстытæ æрттывты- тæ калдтой, йе ’взаг дзыхы нал арæхст; уьвмæ цыди алкæмæн дæр батæ кæнын æмæ йæ уарзондзинады тыххæй дзурьш... Мæгуырæг. Уый нæма æмбæрста, ахæм æууæлты худинаджы уавæры бахауæи кæй ис, уый, алкæмæн йæхи хъаргæйæ цы æргомзæрдæ ныхас æмæ рæвдауæн митæ кодта, уыдонæй та, цыфæнды тынг æй кæд фæнда, уæддæр йæхи кæй нæ бауарзын кæндзæн, фæлæ ма йыл кæй худдзысты; уый нæ зыд- та ноджы, стæвд уæвгæйæ, фæстагмæ йæхи нымæтыл куы баппæрста æмæ, йæ къухыл æрынцой кæнгæйæ, йæ бæзджын сау сæрыхъуынтæ фæстæрдæм куы ап- пæрста, уæд кæй уыд тынг зæрдæмæдзæугæ. Дыууæ афицеры бадтысты цыппæрцалхыг уæрдоны бын æмæ хъазыдысты къамтæй.
Æз цымыдисæй мæ хъус дардтон салдæтты æмæ афицерты ныхæстæм æмæ сын биноныгæй кастæн сæ дæсгæмтгæм; фæлæ мæхæдæг цæмæй тыхстæн, уымæн йæ аууон дæр никæй цæсгомыл мæ бон уыдис бафип- пайьпн: сæ хъæлдзæг митæ, худын, алыхуызы тау- рæгътæ дзурæг уыдысты, цы тасдзинад сæм кæти, уый сæ æппындæр кæй не ’ндæвта, ууыл. Афтæ зынд, цы- ма банхъæлæп дæр нæ уыди, уыцы фæндагыл сæ чи- дæртæ кæй нал раздæхдзьгсты, зæгъгæ, уый. V Изæры æвдæм сахатыл рыгæйдзæгтæй æмæ фæлла- дæн бахызтыстæм фидары’ уæрæх, бæзджын канд кул- дуарыл. Хур æрцæйньггуылд æмæ йæ тынтæ зулаив æппæрста, фидары алфæмблай цы рæсугъд батарей- кæтæ æмæ гæды бæлæстæ уыди, уыдонмæ, чи фæбур, уыцы хуымтæм æмæ, митджын хæхтыцур чи сдзыгуыр- тæ æмæ уыдонæн оæхи фæзмæгау, æнахуыр хæлбур- цъытæй æмæ рæсугъд чи арæгъ, уыцы урс æврагъ- тæм. Æрыгои мæй,ы æхсырф ирд мигъы цъуппау урс дардта æрвгæроны. Кулдуары цур цы хæххон хъæу айтынг, уым уæлхæдзар лæугæйæ тæтæйраг пысылмæт- тæм сидт ламаз кæнынмæ; зарæггæнджытæ сæ зарæг ныццæлхъ кодтой тыхджындæрæй æмæ разæнгард- дæрæй. Чысыл баулæфгæйæ æмæ мæхи адзæбæхтæ кæнгæйæ, æз арастдæн мæ зонгæ адъютантмæ, цæмæй уый мæ- бæсты мæ фæнд фехъусын кодтаид инæларæн. Кæм æрлæууыдтæн, уыцы бынатæй цæугæйæ, æз №№ фи- дары бафиппайдтон, æппындæр æнхъазл цæмæи нæ уыдтæн, уый. Мæ разæй фæци, йæ хуылфæй модæйы шляпæ кæмæн зынд æмæ францусаг ныхас кæцæй хъуыст, ахæм дзæбæхгомау дыууæ бынатон къарет. Коменданты агъуысты тыгъд рудзынгæй хъуыстысты æвзæр, хæлд фортепьянæйæ кæй цагътой, цавæрдæр ахæм «Лизанькæ» кæнæ «Катенькæ-полькæйы» зæлтæ. Иæ цурты кæмæн фæцæйцыдтæн, уыцы дуканийы, сæ къухты бапъирозтæ, афтæмæй сæны агуывзæты уæл- хъус бадтис цалдæр писыры, æмæ мæ хъуыстыл ауад, иу дзы иннæмæн куыд дзырдта, уый: «Бахатыр кæн... фæлæ политикæйы хъуыддæгты Марья Григорьевнæ
махмæ у фыццаг сылгоймаг». Гуыбыр, рынчын хуыз дзуттаг фыддард уæлæдарæсы, йæ риуыл тыххæйты хаста хъинцъгæнаг, саст шарманкæ æмæ æппæт фор- штатыл хъуыстысты «Лючийы» финалы мыртæ. Дыу- уæ сылгоймаджы сырсыргæнаг къабаты, зæлдаг кæл- мæрзæнты, сæ къухты ирд хъулон зонтиктæ, афтæмæй мæ рæзты хъæдын тротуарыл æрбаленк кодтой. Дыууæ чындадзон чызджы, сæ иу сæнтсырх, иннæ та æрвхуыз къабайы, бæгъæмсарæй лæууыдысты ныллээггомау хæ- дзары къæсæры раз æмæ барæй цъæхснаг худт код- той, сæ фæрсты цæуæг афицертæ сæм сæ цæстæнгас цæмæй здæхтаиккой, уый тыххæй. Афицертæ уыдысты hot уæлæдарæсы, урс-урсид æрмкъухты, æрттивагэпо- летты, æмæ хъалхуызæй рацу-бацу кодтой уынгты æмæ бульвары. Мæ зонгæйы ссардтон инæлары хæдзары бинаг æт- тæгуæлæйы. Куыддæр ын мæ фæндон зæгъын мæ къу- хы бафтыд, уымæн та — уыцы фæндонæн æнцонтæй скæнæн кæй ис, уый зæгъын, афтæ, рудзынджы рæзты æргыбаргыбур кодта, чысыл раздæр кæй бафиппайд- тон, уыцы къарет, æмæ æрлæууыди къæсæры цур. Къаретæй рахызт бæрзонд, хæрзконд нæлгоймаг фи- стæг æфсæддон дарæсы, майоры эполеттимæ æмæ ба- раст инæлармæ. — Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн, — загъта адъютант, йæ бынатæй стгæйæ, — мæн æнæмæнг фехъусын кæнын хъæуы инæларæн. — Чи æрбацыди уый? — бафарстон æз. — Графиня, — дзуапп авæрдта адъютант æмæ, йæ мундиры æгънæджытæ æвæргæйæ, уæлæмæ азгъордта. Цалдæр минуты фæстæ тыргъмæ рахызт ныллæг- гомау, фæлæ рæсугъд лæг æнæ эполеттæ сюртучы, йæ риуыл урс крест конд, афтæмæй. Йæ фæдыл рацыды- сты майор, адъютант æмæ ма ноджы цавæрдæр дыууæ афицеры. Инæларæн йæ цыды, йæ хъæлæсы уагæй æмæ йæ алы фезмæлдæй дæр бæрæг уыди, йæхицæн стыр аргъ кæнын чи зоны, ахæм адæймаг кæй у, уый. — Bonsoir, madame la comtesse1—загъта уый, йæ къух æм къареты рудзынгмæ дæттгæйæ. 1 Де’зæр хорз, графиня.
Йæ армы тъæпæн ын нылхъывта тæнæг чысыл къух æрттиваг æрмкъухы кондæй, æмæ къареты ру- дзынджы фæзынди рæсугъд, худындзаст цæсгом бур шляпæйы. Цалдæр минуты дæргъы цы дзырдтой, уымæй æз, сæ цурты цæугæйæ, фехъуыстон æрмæст уый, æмæ инæлар худгæйæ куыд загъта: — Vous savez, que j'ai fait voeu de combattre les infidéles; prenez done garde de le devenir1. Къареты ныххудтысты. — Adieu done, cher general2. — Non, a revoir,—загъта инæлар, асинтыл схиз- гæйæ, — n 'oubliz pas, que je m'invite pour la soiree de domain3. Къареты гыбаргыбур ссыд, æмæ дарддæр араст. «Мæнæ ма иу адæймаг, — нæхимæ здæхгæйæ хъуьг ды кодтон æз, — уырыссаг адæмæй бирæтæ цæмæ тыр- нынц: кад, мулк, ном, — уыдон иууылдæр кæмæ сты, ахæм. Æмæ хæст цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæн хуы- цау йеттæмæ ничи ницы зоны, афтæмæй нæмгуыты бынмæ бацæуыны размæ уыцы адæймаг хъазæн ныхас кæны рæсугъд сылгоймагимæ æмæ йыл раст цыма ба- лы сæмбæлди, афтæ йын зæрдæ æвæры, иннæ бон æм цай кæй цымдзæн, уымæй». Адъютантмæ ма æз сæмбæлдтæн, дисы мæ уымæй ноджы тынгдæр чи бафтыдта, иу ахæм адæймагыл — æрыгон поручикыл К. полкъæй. Уый уыдисылгоймагау фæлмæн æмæ нæуæндаг. Адъютантмæ æрбацæугæйæ, йæ зæрды уыди, тагъд цы хъуыддаджы фæдыл цæу- дзысты, уырдæм æй ма ауадзой, зæгъгæ, уый тыххæй цыма хахуыр ныхæстæ чи кодта, уыцы адæймæгты ныхмæ йæ мæстытæ скалын. Уый дзырдта, зæгъгæ, аф- тæ кæнын у цъаммардзинад, нæу æмбалы ми, æппын- дæр ын æй никуы ферох кæндзæн æмæ а. д. Æз ын тынг лæмбынæгæй кастæн йæ цæспжмæ, биноныгæй 1 Ды зоныс, æз ард кæй бахордтон пысылмæтты ныхмæ хæцыны тыххæй, æмæ, уымæ гæсгæ, дæхи хъахъæн пысылмон суæвынæй. 3 Цæй, хæрзбонтæ, инæлар. 3 Нæ фенынмæ уал, — ма дæ ферох уæд, сомизæр дæм кæй цæудзынæн, уый.
йын хъуыстон йæ хъæлæсы хаттмæ, фæлæ уæддæр мæ бон нæ баци зæгъын, йæхи барæй афтæ дары, зæгъгæ. Уый æцæгдзинадæй уыди тынг мæстджын æмæ йæм стыр хъыг фæкаст, черкесты æхсынмæ æмæ уыдоны нæмгуыты бынмæ йæ кæй нæ уадзынц, уый; хъыг та йын афтæ тынг уыди, æмæ мæнæ æнаххосæй цы сы- вæллоны фæнæмынц, уымæн куыд хъыг вæййы, раст афтæ. Æз хъуыды кодтон уыдæттыл æмæ мур дæр ни- цы æмбæрстон. VI Æфсæдтæ хъуамæ рараст уыдаиккой изæры дæс сахатыл. Фарæстæм æрдæгыл æз сбадтæе мæ бæхыл æмæ ацыдтæн инæлармæ; фæлæ йæхæдæг дæр æмæ йæ адъютант дæр æнæвдæлон куы уой, уымæй тæрс- гæйæ, бæхы баурæдтон уынджы, бабастон æй æм- бондмæ æмæ, инæлар куыддæр рацæуа, афтæ йæ баййафдзынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ мæхи хæдзары рæбын зæххы къуыбырыл æруагътон. Хуры тæвд æмæ æрттывды раивтой æхсæвы сатæг æмæ æрыгон мæйы фæлурс рухс. Стъалыджын цъæх- бын тар арвыл мæйы алыварс рухс дардта, цы æрдæг- зиллакк сарæзта, уый. Мæй цæуын райдыдта дæлдæ- рæй-дæлдæр; хæдзæртты рудзгуыты æмæ ныккæндты фæрсæггы зыхъырты фæзынд рухс. Арвы кæрон дард- мæ бæрæг дардтой гæды бæлæсты хæрзконд сау æн- дæргтæ. Уыдоы, мæй кæй ныррухс кодта, чъырæй цагъд, хъæзæй æмбæрзт уыцы ныккæдты фæстæ кæй уыдысты, уый тыххæй адæймагмæ кастысты ноджы бæрзонддæр æмæ тардæр. Фæлурс рыгджын фæндагыл рæсугъд зындысты хæ- дзæртты, бæлæсты, быруты даргъ аууæттæ... Цæугæдо- ны æнæрынцайгæйæ уасыдысты хæфсытæ, уынгты хъуыст куы æнæвдæлон адæймаджы къахдзæфты уы- нæр, куы бæхы къæхты гыбаргыбур; форштатæй рæ- стæгæй-рæстæгмæ хъуыстн шарманкæйы зæлтæ: куы Ниуынц дымгæтæ, куы та HCTbi„Aurora-Walzer\ Æз нæ зæгъдзынæн, цæуыл ныхъуыды кодтон, уый: фыццаджыдæр, уымæн, æмæ мæм худинаг фæкастаид, 18
мæ алыварс хъæлдзæгдзинад æмæ циндзинад уын- гæйæ мæ зæрдæйы æнæсцухæй иу иннæйы фæдыл цы тар хъуыдытæ æвзæрд, уыдоныл басæттын, иннæмæй та уымæн, æмæ уый мæ радзырды нæ бады. Æз хъуы- дыты афтæ тынг ацыдтæн, æмæ зонгæ дæр нæ бакод- тон, дзæнгæрæг куьтд ныццагъта æмæ инæлар йæ фæс- дзæуинтимæ мæ фæрсты куыд æрбаивгъуыдта, уый. Тагъд-тагъд мæ бæхыл абадгæйæ, æз фæсте асырд- дон отряды. Отрядæн йæ къæдзил нæма фæхицæн фидары кул- дуарæй. Æз тыххæйты бахызтæн, чи сцæнд, уыцы сар- мадзанты, асьгччыты, ротæты цыппæрцалхыг уæрдæт- ты æмæ, хъæрæй бардзырдтæ чи лæвæрдта, уыцы афицерты æхсæнты хидыл. Кулдуары æтте фæуæв- гæйæ, сæппгæнгæ æрзылдтæн, æнæхъæн версты бæрц чиныддаргъ, талынджы æнæсыппæй чи цыд, уыцы æф- сæдты фæрсты æмæ инæлары баййæфтон. Артиллери нытъанг иугай сармадзангай. Сармадзанты æхсæн бæх- тыл цы афицертæ цыди, уыдоны цурты уайгæйæ, са- быр, кадджын цагъды хъыгаг рæдыд зæл куы фæуа, уыйау мæн дисы бафтыдта немыцаг хъæлæс, кæцы хъæр кодта: «Агхтингхист, рахæсс ма æрчъыкксхон!» æмæ салдаты хъæлæс, кæцы тагъд-тагъд хъæр кодта: «Шевченко! Поручик зынг куры». Арвы фылдæр хай сæхкæдтой даргъ тарбын митътæ, æрмæст ма се’хсæнты ранæй-рæтты æрттывтой фæлурс стъалытæ. Мæй фæаууон, рахизæрдыгæй æрвгæрон хæстæг цы сау хæхтæ зынди, уыдоны фæстæ, æмæ сын сæ цъуппытæм уагъта фæлурс, дыдзы рухс, уыцы рæс- гæг бынæй та уыдысты бынтон тар. Уæлдæф уыди хъарм æмæ афтæ сабыр, цыма иунæг кæрдæджы хал, иунæг мигъы къуыбар дæр не змæлыд. Ахæм талынг уыди, æмæ суанг бынтон хæстæгмæ дæр раиртасæн ницæмæн уыди; фæндаггæрæттььиу мæ цæстытыл ауад куы къæдзæхтæ, куы фос, куы цыдæр æнахуыр адæймæгтæ, æмæ-иу къудзитæ кæй уыдысты, уый ба- зыдгон, сæ сырсыр-иу сын куы фехъуыстон æмæ-иу сæ Уазал æртæхтæ мæ буарыл куы аныдзæвыдысты, æр- мæст уæд. Мæ размæ уыдтан, фенкъуыс-фенкъуыс чи кодта, ^хæм иугуыр сау къул. Уымæн йæ фæдыл змæлыд 19
цалдæр æндæрджы: уыдон уыдысты бæхджын æфсады раззаг хай æмæ инæлар йæ фæсдзæуинтимæ. Нæ фæс- тæ дæр цыдис раст ахæм, фæлæ уымæй ныллæгдæр, сау хъуынтъызхуыз дзыгуыр: уый та уыди фистæг æфсад. Отряд ахæм æнæсыбырттæй цыд, æмæ дзæбæх хъуыстысты, чи иу æсиу æмæ сæ сусæгдзинадæй рæ- сугъд чи уыд, æхсæвы уыцы мыртæ. Дард-иу куы уынгæг хъæлæсæй нынниудтой, куы та-иу æвиппайды худæгау ныккодтой хъæддаг куыйтæ, уæлдæфы лæууы- дысты цъырцъырæгты, хæфсыты, уæрццыты цъæхснаг уыцы иухуызон зарджыгæ, не ’нцади, йæ аххосаг бам- барын мæ бон кæмæн нæ уыд æмæ хæстæгæй-хæстæг- дæр чи кодта, ахæм уынæр. Уыдон иууылдæр, стæй, нæ дæр бамбарæн, нæ дæр сбæрæг кæнæн кæ,мæн нæй, æрдзы уыцы æгшæт зына-нæзына фезмæлдтытæ хъуыс- тысты, мах æхсæвы сабырдзинад кæй хонæм, ахæм æххæст рæсугъд мырæй. Уыцы сабырдзинад хæлд цыд, нæ фæлæ, иу кодта, отряды сындæг цыдæй чи æвзæрд, сæфтджыты уыцы æмыр уынæримæ æмæ бæрзонд кæрдæджы сырсыримæ. Æрмæст-иу хаттæй-хатт рæнхъыты фехъуыст уæз- зау сармадзаны зæлланг, кæрæдзиуыл-иу чи бамбæлд, уыцы джебогъты къуырцц, æмыр ныхас æмæ бæхты хуыррыттытæ. Бæхты къæхты бын чи фæлдæхт, уыцы сойджын æмæ уымæл кæрдæджы тæфæй, зæххæй цы рог тæф цыди, уымæй æмæ, арвгæрæттæ дыууæрдыгæй кæй зындысты, уымæй бамбарæн уыди, мах кæй цæ- уæм фæтæн, дзадджын уыгæрдæныл. Æрдз йæхимæ æлвæста йæ рæсугъддзинадæй æмæ тыхæй. Цымæ адæмæн æцæг къуындæг у сæ цард ацы дзæ- бæх дунейыл, ацы æгæрон стъалыджын арвы бынмæ? Цымæ ацы диссаджы æрдзы нывтæ уынгæйæ адæйма- джы зæрдæйы хæрамдзинады, маст исыны кæнæ йæхи хуызæтты цæгъдынмæ бæллындзинады æнкъарæнтæн фæлæууæн ис? Афтæ зыны æмæ комкоммæ йæхæ- дæг рæсугъддзинады æмæ хорздзинады ахъаззагдæр æвдисæн чи у, уыцы æрдзы хъæбысы адæймаджы зæр- дæйы хæрамæй цыдæриддæр ис, уыдон хъуамæ фе- сæфой. 20
VII Max цыдаиккам иу дыууæ сахатæй фылдæр. Уазал мæм бахъардта æмæ мæ хуыссæг ахсын райдыдта. Æхсæвы тары мæ цæстытыл куыддæр уайæгау кодтой: чысыл фалдæр сау къул, цавæрдæр змæлæг сау æн- дæргтæ; мæ тæккæ цур урс бæхы фæстаг æрдæг, йæ къæдзил тилгæйæ æмæ йæ фæстаг къæхтæ пака ист кæнгæйæ; кæйдæр фæсонтæ урс цухъайы, сау агъуды гъыстæй сыл узæгау кодта берданкæ æмæ хуыд хуым- пъыры æвæрдæй бæрæг дардта дамбацайы урс сæр; бапъирозы зынг-иу срухс кодта кæйдæр бур рихитæ, уырддзарм æфцæккот æмæ сагдзарм æрмкъухтæ. Æз- иу æркъуыл кодтон бæхы бæрзæйыл, оæхкæдтон-иу мæ цæстытæ æмæ-иу цалдæр минуты бæрц арæдзæ-мæдзæ кодтон, стæй-иу мæ æвиппайды зонгæ тыыбар-тъыбур æмæ сыф-сыф фестъæлфын кодтой: алырдæмты-иу ака- стæн, — æмæ-иу мæм афтæ фæкаст, цыма мæ бынаты лæууын, мæ размæ цы сау къул уыд, уый мæнырдæм цæуы, кæнæ уыцы къул ныллæууыд æмæ йыл ныртæк- кæ æз мæхи скъуырдзынæн. Ахæм минуттæй мæ иу но- джы стырдæр дисы бафтыдта, хæстæгæй-хæстæгдæр чи кодта, æмæ цæмæн афтæ у, уый базонын мæ бон кæ- мæн ницы уыд, уыцы æнæрынцайгæ уынæр. Уый уыди доны уынæр. Max бацыдыстæм арф комы æмæ фæцæй- хæстæг кодтам, чи раивылд, уыцы хæххон донмæ1. Уынæр кодта тынгæй-тынгдæр, уымæл кæрдæг ивта бæзджын æмæ бæрзонддæрæй, къудзитæ фæарæхдæр сты, æмæ æрвгæрон сындæггай цыди куынæгдæрмæ. Искы иу хатт-иу хæхты тар риуыл алы рæтты ферт- гывта рухс æмæ-иу уайтагъддæр ахуыссыд. — Зæгъ ма, дæ, хуыцауы тыххæй, уый цавæр рухс у? — мынæг хъæлæсæй бафарстон, мæ фарсмæ цы тæ- гæйраг цыд, уый. — Æмæ йæ ды нæ зоныс? — дзуапп радта уый. — Нæ зонын. — Уый хохаг лæг хъилыл хъæмп бабаста, ссыгъта йæ æмæ йæ ныр цырагъау тилдзæн. 1 Кавказы дæттæ раивылыиц июлы мæйы (авторы фиппаи- наг). 2)
— Æмæ йæ цæмæн хъæуы уый? — Цæмæй алы лæг дæр зона—уырыссаг æрбацыд. Ох-ох, ныртæккæ хæххон хъæуты стыр змæлд цæуы, — ныххудгæйæ бафтыдта уый йæ ныхасыл, — кæмæ цы мæгуыр муртæ ис, уыдон, æвæццæгæн, æрхмæ скъæф- тьгтæ кæны. — Æмæ хæхты æцæгæй зонынц, отряд æрбацæуы, уый? — бафарстон æз. — Гъерри-гъа! Куыд хъуамæ ма зоной! — Æмæ уæдæ ныр Шамил дæр рæвдзытæ кæны йæхи балцмæ? — бафарстон æз. — Йохъ, — йæ сæр батилгæйæ, дзуапп радта уый. — Шамил балцы н.æ цæудзæн; Шамил йæ наиб- ты1 æрвитдзæн, йæхæдæг та бæрзондæй трубайæ кæсдзæн. — Æмæ дард цæры? — Нæ. Мæнæ галиуварс, иу дæс версты йæм уы- дзæн. — Ды йæ цæмæй зоныс? — бафарстон æй æз. — Уыдтæ дзы, мийаг? — Уыдтæн: махонтæ иууылдæр уыдысты хæхты. — Æмæ Шамилы федтай? — Куыннæ стæй. Шамилы тагъд-тагъд нæ фендзы- нæ. Йæ алыварс вæййы фондзæссæдз, æртæ фондз- ахсæдз, м.ин мюриды2, Шамил та се ’хсæн, — -афтыдта Mia уый йæ ныхасмæ цыдæр козбау хуызæй. Уæлæмæ скæсгæйæ бафиппайæн уыди, чи раирд, уыцы арв скæсæны ’рдыгæй рухс кæнын кæй байдыд- та, стъалыты дзыгуыр та æрвгæроны ’рдæм æввахс кæнын, уый; фæлæ цы комы цыдыстæм, уым уыди уы- ^тæл æмæ хъуынтъыз. Æвиппайды чысыл фалдæр нæ размæ талынджы цалдæр хатты ферттывта, æмæ цæсты фæныкъуылд- мæ нæ фæрсты фæцъыввыттытæ кодтой нæмгуытæ Æрдзы сабыры дардыл айхъуыстысты топпы гæрæх- тæ æмæ кæйдæр цъæхахст хъæр. Æхста, знаг размæ 1 Наибтæ хонынц, Шамил исты хицаудзинад кæй къухты бакодта, ахæм адæймæгты (авторы фиппсшнаг). 2 Дзырд мюрид æмбæрстгонд иæуы алыхуызы, фæлæ йæ ам цы хъуыдыйæ спайда кодтой, уым амоны адъютанты æмæ хъахъæнæджы æхсæн цавæрдæр цин (авторы фиппаинаг). 22
цы къорд рарвыста, уый. Тæтæйрæгтæ фæхъæр кодтой, зæрдаивæй фехстой æмæ фæпырх сты. Бæстæ ныссабыр. Инæлар фæдзырдта тæлмацгæ- нæгмæ. Урс цухъа цы тæтæйрагыл уыд, уый йæм ба- раст æмæ æмыр хъæлæсæй, къухтæй амонгæйæ иу дзæвгар рæстæг йемæ ныхас кодта. — Булкъон Хасанов, приказ радт æмæ адæм æм- вæтæнæгæй фæпырх уой, — загъта инæлар сындæг, ивазгæ, фæлæ бæлвырд хъæлæсæй. Отряд бахæццæ цæугæ донмæ. Комы тар хæхтæ фæсте аззадысты; рухс кæнын байдыдта. Арв фæлурс стъалытæй зынди бæрзонддæр: скæсæны æрвгæрон байдыдта ферттив-ферттив кæнын, ныгуылæны ’рдыгæй дымдта уазал, уæнгты иннæрдæм чи хызт, ахæм дымгæ, æмæ доньт сæрмæ фæлурс мигъ, тæфау, йæхи уæлæмæ иста. VIII Фæндагамонæг нын бацамыдта донуайæн, æмæ фыццаг нæ колоннæйы сæр, уый фæстæ та инæлар йæ фæсдзæуинтимæ хизын райдыдтой фаллаг фарсмæ. Дон бæхтæн уыд сæ риутæм, ранæй-ран доны æмвæз чи зынди, уыцы урс дурты æхсæнты æнахуыр тых- джынæй калди, æмæ бæхты къæхты цур фынк кал- гæйæ сæхсæх кодта. Бæхтæ дисгæнæгау кодтой доиы уынæрыл, сæ сæртæ-иу уæлæмæ систой, сæ хъустæ-иу фæгæмæл кодтой, фæлæ сындæггай æмæ арæхстгай цыдысты дзыхъытæ-мыхъытæ доны. Барджытæ сæ къæхтæ æмæ гæрзтæ уæлæмæ истой. Фистæг æфсæд- тантæ, айдагъ хæдæтты, сæ берданкæтыл сæ дзаумæт- ты тыхтæгтæ сæвæргæйæ æмæ сæ хæрдмæ сисгæйæ, æссæдзгæйттæ-æссæдзгæйттæ кæрæдзи къухтыл ныххæ- цыдысты æмæ афтæмæй тыххæйтылæгæрстой доны цæ- вæны ныхмæ. Сæ цæсгæмттыл бæрæг уыди, уый сын æнцонтæй кæй не ’нтысы. Бæхтæрджытæ-иу сæ бæхты хъæргæнгæйæ сæппæй баскъæрдтой доны æмæ-иу сар- мадзанты æмæ, хаттæй-хатт сæ сæрты дон кæмæн ранхъæвзта, уыцы цъæх ахуырст асыччыты гыбаргы- бур ссыд дурджын донуайæныл; фæлæ хаст бæхтæ Уыцы-иу хæст кодтой, æмæ-иу доны фынк скалгæйæ, 23
хуылыдз дымджьугимæ æмæ бæрцытимæ фаллаг фарс- мæ сгæпп кодтой. Доныл куыддæр бахызтыстæм, афтæ инæлары цæс- гомыл æваст фæзынд цавæрдæр арф хъуыды, йæ бæх разылдта æмæ бæхджын æфсадимæ асæпп кодта, хъæ- ды астæу нæ размæ цы фæтæн æрдуз байгом, ууыл. Хъазахъаг барджытæ æмвæтæнæг фæпырх сты хъæд- гæрæтты. Хъæды дардмæ бæрæг дары фистæг лæг цухъа æмæ уæлдзарм худы, чысыл фалдæр иннæ, æртыккаг... Афи- цертæй чидæр сдзырдта: «Уыдон тæтæйрæгтæ сты». Мæнæ бæласы фæстæйæ фæзынд фæздæджы цъупп... гæрах, гæрах. Нæ арæх æхстæй нал хъуысынцзнаджы гæрæхтæ. Æрмæст стæм хатт нæ фæрсты бындзытау сындæггай дывдыв гæнгæйæ цы нæмгуытæ тахти, уы- донæй бæрæг уыди, гæрæхтæ иууылдæр мах кæй не сты, уый. Мæнæ фистæг æфсæддонтæ згъоргæиæ, стæй сармадзантæ, сæппæй сæ ластой, афтæмæй фæйнæ- рдæм фæпырх сты; хъуысы сармадзанты гуывгуывгæ- наг гæрæхтæ, картечы æхситт, ракетæты сыф-сыф, топ- пыты къæркъæр. Фæтæн æрдузы алы рæтты зынынц бæхджын, фистæг æфсæдтæ æмæ артиллери. Сарма- дзанты, ракетæты æмæ топпыты фæздæджы цъуппытæ иу кодтой, æртæх, ма кæуыл уыд, уыцы зайæгойтимæ, стæй мигъимæ. Булкъон Хасанов цыппæрвадыгæй ба- тахти инæлары размæ æмæ дзыхълæуд фæкæнын кодта йæ бæхы. — Уæ бæрзонддзинад! — бар радтут бæхджын æф- сады ауадзынæн, значоктæ1 фæзындысты, — йæ къух уæлдзарм худы раз авæргæйæ, загъта уый æмæ баца- мыдта тæтæйраг барджытæм. Уыдонæн сæ разæй цъæх бæхтыл цыдис дыууæ лæджы, сæ къухты сырх æмæ цъæх гæппæлтæ конд кæуыл уыд, ахæм лæдзджытæ, афтæмæй. — Хуыцау уæ афæндараст кæнæд, Иван Михай- лыч! — загъта инæлар. Булкъон йæхи мидæг разылдта бæхы, фелвæста æхсаргард æмæ фæхъæр кодта: «Ура!» 1 Зиачок хохæгты æхсæн тырысайæ уæлдай нæу, æрмæст æн скæнын æмæ йемæ хæссын йæ бон у алы барæгæн дæр (авторы фиппаинаг). 24
— Урра! Урра! Урра! —æмæ бæхджын æфсад аф- сæрста йæ фæдыл. Иууылдæр кастысты зæрдиагæй: мæнæ иу значок, иннæ, æртыккаг, цыппæрæм... Ныббырстмæ нæ банхъæлмæ кæогæйæ, знаг фæаууон хъæды æмæ уырдыгæй топпытæй æхсын райдыдта. Нæмгуытæ цъыввыттытæ кодтой арæхæй-арæхдæр. — Quel charmant cour d'oeil!1— загъта инæлар, йæ лыстæткъах оау бæхыл сындæггай англисаг здæхт гæппытæ кæнгæйæ. — Charrmant! — дзуапп радта маиор æмæ, бæ- хыл ехс æруадзгæйæ, бараст инæлармæ. — C'est un vr- rai plaisirr, que la guerre clans un aussi beau pays,2— загъта уый. — Et surtout en bonne compagnie,3— зæрдæмæ- дзæугæ худт бакæнгæйæ йæм бафтыдта инæлар. Майор йæ сæр æркъул кодта. Уыцы рæстæг куыддæр æвзæр сыф-сыфгæнгæйæ æрбатахт знаджы сармадзаны нæмыг æмæ цæуылдæр сæмбæлд; фæстæрдыгæй фехъуыст цæф адæймаджы хъæрзын. Уыцы хъæрзт мæ цыдæр ахæм æнахуыр ди- сы бафтыдта, æмæ тохы нывы рæсугъддзинад уадидæг- мæ мæ цæстыты ницыуал уыди; фæлæ цьима уый мæн йеттæмæ ничи бафиппайдта: куыд зыны, афтæмæй уæртæ майор стыр зæрдиагæй худы; иннæ афицер æн- цад кæны йæ ныхасы кой; инæлар кæсы æндæрырдæм æмæ йæ мидбылты æнахуыр сабыр худгæйæ цыдæр дзуры францусагау. — Бар мын радтут сæ æхстæн дзуапп дæттынæн, — базгъоргæйæ, бафарста артиллерийы хицау. — 0, фæтæрсынтæ сæ кæнут, — сигарæ сдымгæйæ, æнæбары хуызы загъта инæлар. Батарейæ рæнхъ ралæууыд, æмæ гуыпп-гæрах са- рæх. Зæхх гæрæхтæй хъæрзы, иудадзыг ферттив-ферт- тив кæны рухс æмæ фæздæг цæстытæ æхкæны. Сарма- дзанты цур цы æфсæддонтæ змæлы, уыдон ма тых- хæйты зынынц. 1 Цы диссаджы дзæбæх ныв у! (францусагау). 2 Зæрдæскъæфæн! Ахæм дзæбæх бæстæйы лæг хæцынæй нæ бафсæддзæн (францусагау). 3 Уæлдайдæр та хорз хæлæртты æхсæн (францусагау). 25
Хъæуы нал æхсынц. Ногæй та æрбацыд булкъон Хасанов æмæ, инæлары приказмæ гæсгæ, фæтъæбæртт кодта хъæумæ. Хæсты хъæр та фехъуыст, æмæ бæх- джын æфсад, рыг йæ сæрмæ сисгæйæ, цæстытæй фæ- аууон. Уый æцæгдзинадæйдæр уыд стыр рæсугъд ныв. Гъе, æрмæст иу хъуыддаг хæлдта, цы æнкъарæнтæ мæм сæвзæрд, уыдон. Æз ахæм ран фыццаг хатт сæм- бæлдтæн, ахуыр нæма уыдтæн, æмæ мæнмæ бынтон уæлдай кастысты уыцы змæлд дæр, разæнгарддзинад дæр, хъæр дæр. Æваст-иу мæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ тых йæ бонæй уæлдæф фæрæтæй чи фæлыг кæны, ахæм адæймаг. IX Хъæу бацахстой не ’феæдтæ, æмæ йæм инæлар йæ фæсдзæуинтимæ (уыдоны æхсæн æз дæр фæныхстæн) куы бахæццæ, уæдмæ уым знæгтæй иу удгоймаг дæр нал уыд. Даргъ сыгъдæг агъуыстытæ тъæпæн зæххын уæл- хæдзæрттимæ* æмæ рæсугъд трубатимæ æвæрд уыды- сты дæлæ-уæлæ дурджын къуыбыртыл. Се’хсæнты калд чысыл дон. Иуæрдыгæй хуры ирд рухсмæ цъæх- цъæхид дардтой дыргъдзæхæрадæттæ кæрдо æмæ æх- сынцъы бæлæстимæ; аннæрдыгæй хæрдмæ сагъдауæй лæууыдысты цавæрдæр æнахуыр аууæттæ, уæлмæртты уырдыгæвæрд бæрзонд дуртæ æмæ даргъ хъæдын хъилтæ, сæ кæрæттыл къоритæ æмæ алыхуызон тыры- сатæ конд, афтæмæй. Уыдон уыдысты сахъ барджыты ингæнтæ. Æфсæдтæ куыд æмбæлы, афтæ æгъдауыл лæууы- дысты фæскулдуар. Минуты фæстæ драгунтæ, хъазахъ æмæ фистæг æф- сæддонтæ æргом цингæнгæйæ фæпырх сты гакъон-ма- къон уынгты, æмæ æдзæрæгхуыз хъæу уадидæгмæ змæ- лæг сси. Иу ран ныккалди цар, хъуысы фæрæты дзæхст-дзæхст фидар хъæдыл, æмæ фæйнæг дуар æт- тæмæ рæмудзынц, иннæ ран ссыгъди хосы цъына, æм- бонд, хæдзар, æмæ бæзджьгн фæздæг сыгъдæг уæлдæ- фы хæрдмæ фæцыд. Мæнæ хъазахъаг фæхæссы ссады 26
голлаг æмæ гауыз; салдат цингæнгæйæ хæдзарæй ра- хаста зестын тас æмæ цавæрдæр пыскъуыл; иннæ сал- дат, йæ къухтæ ныппæлæхсар кæнгæйæ, архайы, æмбон- ды рæбын уасгæйæ чи сдыууæрдæм, уыцы дыууæкар- чы æрцахсыныл, æртыккаг салдат та кæмдæр ссардта стыр хъуывгъан æхсыримæ, нуазы дзы, стæй йæ, йæ хъæлæсы дзаг ныххудгæйæ, фехста зæхмæ. Æз № фидарæй цы батальонимæ цыдтæн, уый дæр уыд хъæуы. Капитан бадти хæдзары сæр. Йæ цыбыр- хъæд лулæйæ уыцы æнахуыр тамакойы фæздæг ахæм æнæмæтхуызæй уагъта, æмæ йæ куы ауыдтон, уæд мæ æрбайрох, хæцæг хъæуы дæн, уый. Афтæ мæм фæ- каст, æмæ дзы цыма раст’ мæнæ мæхи хæдзары дæн. — А! ды дæр ам дæ? —загътауый, мæн ауынгæйæ. Бæрзонд поручик Розенкранц-иу рæстæгæй-рæстæг- мæ фæзынд куы иу ран, куы иннæ ран; уый æнæрын- цайгæйæ уынаффæтæ кодта æмæ йæ бакаст уыд, стыр мæт кæй бацыд, ахæм адæймаджы хуызæн. Æз фед- тон, уый иу хæдзарæй стыр уæлахизхуызæй куыд ра- цыд, уый; йæ фæдыл дыууæ салдаты къухтæбастæй кодтой ацæргæ тæтæйраджы. Тæтæйрагыл уыди, быз- гъуыртæ калгæ фæйнæрдæм чи хауд, ахæм хъулæттæ куырæт æмæ æмпъыстытæ хæлаф. Зæронд лæг ахæм тæнтъихæг уыд, æмæ адæймагмæ афтæ касти, цыма йæ гуыбыр фæсонты ’рдыгæй фидар баст мæллæг’ къухтæ йе уæхсчытыл тыххæй хæцыдысты. йæ зылын бæ- гъæввад къæхтæ тыххæйты райс-байс кодта. Иæ цæс- гом æмæ суанг йæ даст сæрыл зындысты арф æн- цъылдтæ; сæнт урс æлвыд зачъетæ æмæ рихиты æхсæн бæрæг дардта йе ’нæдæндаг, чи ныззылын, уы- цы дзых æмæ æнæрынцайгæйæ змæлыд, цыма растисты æууылдта, афтæ; фæлæ уæддæр йæ æнæхау сырх цæ- стытæ цæхæртæ калдтой æмæ сæ бæлвырд зынди, цæ- ра-нæ цæра, уый йын уæлдай кæй нал у, уый. Розенкранц æй тæлмацгæнæджы æххуысæй бафар- ста, иннæтимæ цæуылнæ ацыд, уымæй. — Кæдæм цæуон? — æнцад иуварс кæсгæйæ, загъ- та уый. — Иннæтæ кæдæм ацыдысты, уырдæм, — бафип- пайдта чидæр. 27
— Нæ сахъ адæм ацыдысты уырысимæ хæцынмæ, æз та зæронд дæн. — Æмæ ды уырыссæгтæй нæ тæрсыс. — Цы мын кæндзысты уырыссæгтæ. Æз зæронд дæн, — загъта та уый, йæ алыварс цы къорд æрæм- бырд, ууыл æнæбары хуызы йæ цæст ахæсгæйæ. Фæстæмæ здæхгæйæ æз федтон, уыцы зæронд æнæ худæй, баст къухтæй хъазахъаджы фæсарц куыд æр- дзедзырой æмæ йæ алфæмблай уыцы куыдфæндыйы цæстæнгасæй куыд касти, уый. Зæронд лæг хъуыди уацайрæгтæ ивынæн. Æз схызтæн уæлхæдзармæ æмæ æрбынат кодтон капитаны цур. — Знæгтæ бирæ нæ уыдысты, æвæццæгæн, — загъ- тон æз, чи ахицæн, уыцы хъуыддаджы тыххæй йын йæ хъуыды базоныны фæндимæ. — Знæгтæ? — афæзмыдта ма уый дисгæнгæйæ. -- Цæй знæгты кой кæныс? Уый знаг хуыйны... Мæнæ изæры фендзынæ, фæстæрдæм куы фессæндæм, уæд сæ «фæндараст» зæгъынмæ нæ фæдыл цас ракæлдзæн, уый! — бафтыдта уый йæ ныхасыл, райсомæй цы хъæд- быныл æрбахызтыстæм, уымæ йæ лулæйæ амонгæйæ. — Уый та цы у? — капитанæн йæ ныхас фæуром- гæйæ æмæ, махмæ хæстæг цæуылдæр цы донаг хъаза- хъæгтæ скъорд, уыдонмæ амонгæйæ, тыхстхуызæй ба- фарстон æз. Хъазахъæгты æхсæнæй хъуыст сабийы кæуынау цыдæр мыртæ æмæ ныхæстæ: — Э, лыг нæ... фæлæу... Фендзысты нæ... Кард дæм ис, Евстигнеич?.. Кард æри. — Исты та уарынц, æвæццæгæн. цъаммартæ, — æвæлмæстæй загъта капитан. Фæлæ уыцы минут æвиппайды тигъы фæстейæ тарстхуызæй разгъордта рæсугъд прапорщик æмæ, йæ къухтæ тилгæйæ, басхъиудта хъазахъæгтæм. — Ма ’вналут, ма йæ нæмут! — хъæр кодта уый сывæллоны хъæлæсæй. Афицеры фенгæйæ, хъазахъæгтæ фæйнæрдæм алæу- уыдысты æмæ феуæгъд кодтой цъæх сæныччы. Æрыгон прапорщик фæкуыдцæр, йæхи мидæг цыдæр сдыгъал- дыгъул кодта æмæ къæмдзæстыгæй æрлæууыд сæныч- 28
чы раз. Уæлхæдзары мæн æмæ капитаны куы ауыд- та, уæд прапорщик ноджы тынгдæр ныссырх æмæ нæм гæппытæ кæнгæйæ æрбазгъордта. — Æз афтæ æнхъæлдтон æмæ сабийы амарынмæ хъавынц, — йæ мидбылты куыддæр къæмдзæстыг худт кæнгæйæ, загъта уый. X Инæлар бæхджын æфсадимæ ацьгд размæ. Æз № фидарæй цы батальонимæ цыдтæн, уый баззад фæсте. Капитан Хлоповы æмæ поручик Розенкранцы ротæтæ чъылдыммæ цыдысты иумæ. Капитан цыдæриддæр загъта, уыдон иууылдæр æр- цыдысты: цы хъæдбыны кой мын кодта, уырдæм куыд- дæр бахызтыстæм, афтæ дыууæрдыгæй дæр зыыын байдыдтой бæхджын æмæ фистæг хохæгтæ. Уыдон аф- тæ хæстæг уыдысты, æмæ æз тынг хорз уыдтон, сæ иуæй-иутæ æд гæрзтæ гуыбыр-гуыбырæй иу бæласæй иннæмæ куыд згъордтой, уый. Капитан систа йæ худ æмæ дингæнæгау йæхиуыл дзуар бафтыдта; афтæ бакодтой ноджы зæронд сал- дæттæй чидæртæ дæр. Хъæды фехъуыст хъæртæ, ны- хæстæ: «Гъей, джауыр. Гъæй, уырыс». Иу иннæйыфæ- дыл азæлдысты хус, цыбыр топпы гæрæхтæ. Нæмгуы- тæ цъыввиттытæ кодтой дыууæрдыгæй дæр. Махонтæ æнæдзургæйæ нæ ауæрстой дзуапп дæттыныл; салдæт- ты æхсæн хаттгай фехъусæн уыд мæнæахæм ныхæстæн; «Акæса, уæртæ кæцæй æхсы, уымæн гъай-гъай у хорз хъæды аууонæй, сармадзан хъуыди бæргæ...» æмæ а. д. Сармадзанты-иу смидæг кодтой салдæтты æхсæн æмæ-иу картечæй цалдæр æхсты фæстæ афтæ зынд, цыма знаг фæлæмæгъдæр. Фæлæ та-иу минуты фæстæ æфсæдты алы санчъехæн дæр знаг фæтынгдæр кодта йæ æхст, хъæртæ æмæ ололи. Хъæуæй куыддæр иу æртæ фондзæссæдз сардзины бæрц чъылдыммæ рацыдыстæм, афтæ нæсæрмæ зуыгъ- зуыгъ кæнын байдыдтой знаджы сармадзаны нæмгуы- тæ. Æз федтон, уыцы нæмгуытæй иу салдаты куыд амардта, уый... Нæ фæлæ, уыцы æбуалгъ нывьт тых- 29
хæй бæстон цæмæн хъæуы дзурын, йæ ферох кæныны тыххæй мæхæдæг бирæ куы радтин, уæд. Поручик Розенкранц йæхæдæг топпæй æхста, æнæ- кæроискъуыдæй фæсус хъæлæсæй хъæр кодта салдæт- тыл æмæ цыппæрвадæй ратæх-батæх кодта рæнхъы иу кæронæй иннæмæ. Иу чысыл фæлурсгомау кæй уыд, уый хорз фидыдта йæ хæстмондаг цæсгомыл. Дзæбæх прапорщик цинæй марди; йæ рæсугъд сау цæстыты сыгъд æхсардзинады зынг, йæ цæсгом уыди худындзаст; капитаны иу ран нал уагъта, бар дзы куырдта ураимæ уыцы иу бырст акæныны тыххæй. — Max сæ асурдзыстæм, — ныфсджынæй дзырдта уый, — бауырнæд дæ, асурдзыстæм сæ. — Ма кæн, — цыбыр дзуапп лæвæрдта капитан, — фæстæмæ цæуын хъæуы. Капитаны ротæ ахста хъæдрæбын æмæ зæххыл хуыогæйæ дзуапп лæвæрдта энаджы æхстæн. Капитан йæ зæрондгомау сюртучы æмæ счъилтæ худы, йæцъæх бæхы рохтæ суадзгæйæ æмæ цыбыр æгъдæнцæйтты йæ къæхтæ æрбакъæдз кæнгæйæ, æмырæй лæууыд иу ран. (Салдæттæ сæ хъуыддаг афтæ хорз зыдтой æмæ код- той, æмæ сын дзурын æппындæр ницы хъуыд). Æр- мæст-иу хаттæй-хатт йæ хъæлæс фехъуыст, сæ сæр-иу уæлæмæ чи сдардта, уыдоныл куы хъæртæ кодта, уæд. Æтте бакæогæйæ капитанмæ хæстмондагдзинадæй ницы зынд; фæлæ ахæм æнæсайд æмæ хуымæтæгхуыз уыд, æмæ мæ уымæй стыр дисы бафтыдта. «Гъе, уый дын æцæг хъæбатыр», — ахъуыды кодтон æз мæхи нымæры. Уый уыди, алы хатт æй куыддæриддæрæй уыдтон, раст ахæм: йæ фезмæлдтытæ æнцад, йæ хъæлæс уыцы иухуызон, йæ фыдынд, фæлæ хуымæтæгхуыз цæсгом — æнæхин; æрмæст й,æ цæстæнгас уыди иннæ хæттытæй рухсдæр æмæ дзы уымæй бафиппайæн уыд, йæ хъуыд- даг сабыр-æнцадæй чи кæны, ахæм адæймаджы. Æн- цон зæгъæн у: кæддæриддæр куыд вæййы, раст ахæм. Фæлæ цас æмæ цас алыхуызы миниуджытæ фиппайд- тон иннæтæм та: иуы фæнды, æнæуый куыд вæййы, йæхи уымæй æдыхстдæр хуызæй дарын, иннæйы — тызмæгдæр хуызæй, æртыккаджы хъæлдзæгдæр хуы- зæй; капитаны цæсгомæй та бæрæг у, барæй хи афтæ 30
дарын цæмæн хъæуы, уый æмбаргæ дæр кæй нæ кæны. Ватерлоойы раз „La garde meurt, mais ne se rend pas"1, зæгъгæ, чи загъта, уыцы францусаг æмæ ин- нæтæ уæлдайдæр та зæрдылдаринаг зындгонд ныхæ- сты чи дзырдта, уыцы францусаг хъæбатыртæ уыды- сты æхсарджын æмæ æцæгдæр дзырдтой зæрдылдари- наг зындгонд ныхæстæ; фæлæуыдоны хъæбатырдзина- ды æхсæн ис ахæм хъауджыдзинад, æмæ цавæрфæыды уавæры дæр мæ хъæбатыры зæрдæйы ахæм стыр ны- хас куы фæзындаид, уæддæр æй цыфæндыйæ дæр нæ загътаид. Уый та, фыццаджыдæр, уьшæн, æмæ стыр ныхас зæгъгæйæ, уый тарстаид уымæй стыр хъуыддаг фехалынæй, дыккаджы та уымæн, æмæ адæймаг стыр хъуыддаг бакæныны тыххæй йæ тыхтыл йæ зæрдæ куы дара, уæд æй цавæрфæнды дзырд дæр нæ хъæуы. Гъе уый, мæнмæ гæсгæ, у уырыссаг хъæба- тырдзинады сæрмагонд æмæ стыр миниуæг; æмæ куыд нæ хъуамæ рисса уый фæстæ уырыссаг зæрдæ, не ’рыгон хæстонты æхсæн францусаг зæронд хотыхда- рындзинад фæзмынмæ ахъав-ахъавгæнджыты ницæйаг ныхæстæ куы хъуыстæуа, уæд. Рæсугъд прапорщик йæ взводимæ кæм лæууыд, уыцырдыгæй æвиппайды æрбайхъуыст лæмæгъ, æнæ- бары ура. Уыцы хъæрмæ фæкæсгæйæ, æз федтон, сæ къухты топпытæ, се уæхсчытыл голджытæ, афтæмæй хуымгонд зæххыл иу дæсæмæссæдз салдаты тыххæй- амæлттæй куыд фæцæй згъордтой, уый. Уыдон тахты- сты къуырццытæ æмæ кæлттытæ кæнгæйæ, фæлæ цы- дысты раздæрæй-раздæр æмæ хъæр кодтой. Сæ разæй æхсаргард æлвæстæй саргъыбæхыл згъордта æрыгон прапорщик. Иууылдæр фæаууон сты хъæды... Хъæрты æмæ гæрæхты гыбаргыбуры цалдæр мину- ты фæстæ хъæдæй разгъордта тарст бæх. Мæрттыæмæ цæфты хæсгæйæ, уалынджы разындысты салдæттæ дæр; цæфты æхсæн уыд æрыгон прапорщик. Дыууæ салдаты йын хæцыдысты йæ дæлæрмтты. Уый уыд 1 „Гварди амæлы, уæддæр йæхн на радты" (францусагау), 31
цикъæйау фæлурс, йæ рæсугъд сæр куыддæр æнахуыр арф ацыд йе уæхсчыты æхсæн æмæ æрхауд йæ ри- уыл. Минуты размæ дæр ма йын йæ цæсгом рæсугъд чи кодта, уыцы хæстон разæнгарддзинадæн ма баззад æрмæст йæ аууон. Æфтыд сюртучы бын урс хæдоныл зынди туджы чысыл стъæлф. — Эх, æвæдза, цы тæригъæд у! — æнæбары схауд мæ дзыхæй, уыцы æнкъард нывæй мæхи куыд азылд- тон, афтæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, тæригъæд у, — загъта, йæ берданкæйыл æрынцайгæйæ, мæ цуры тарæрфыгæй цы зæронд салдат лæууыд, уый. — Ницæмæй тæрсы æппындæр: цыма афтæтæ гæнæн ис! — цæфмæ æдзы- нæг кæсгæйæ бафтыдта уый йæ ныхасмæ. — Æдылы у нырма — æмæ йæ уый фæсайдта. — Æмæ ды дæр тæрсыс? — бафарстон æй æз. — Æмæ уæдæ нæ! XI Цыппар салдаты сынты уæлæ хастой прапорщикы; сæ фæдыл форштатаг салдат кодта мæллæг, стад бæ- хы. Бæх йе рагъыл хаста, фельдшерты кусæнгарз кæм уыд, ахæм дыууæ цъæх асыччы. Æнхъæлмæ кастысты дохтырмæ. Афицертæ-иу хæстæг бацыдысты насилкæ- тæм æмæ архайдтой цæф адæймагæн зæрдæтæ авæры- ныл æмæ йæ фæныфсджындæр кæныныл. — Гъе, ме ’фсымæры хай, Аланин, ныр дын уид- гуытимæ тагъд акафæн нал уыдзæн, — уæлбæхыл æр- бацæугæйæ, йæ мидбылты худгæйæ, загъта поручик Розенкранц. Уый, æвæццæгæн, æнхъæлдта, æмæ уыцы ныхæстæ фæныфсджындæр кæндзысты рæсугъд прапорщикы; фæлæ уымæн йæ уазал æмæ æнкъард цæстæнгасæй бамбарæн цас уыди, уымæ гæсгæ уыцы ныхæстæ ахæм ахъаз нæ фесты. Æрбацыд капитан дæр. Уый æдзынæг ныккаст цæф прапорщикмæ. йæ уыцы иудадзыг æвæлмас æмæ уа- залæнгас цæсгом куыд аивта, уымæй бæрæг уыд, тынг тæригъæд ын кæй кæны, уый. 32
— Куыд дæ, мæ зынаргъ Анатолий Иваныч, — загъта уый, æнхъæл ын куыд нæ уыдтæн, ахæм зæр- диаг, буц хъæлæсæй. — Хуыцауы афтæ бафæндыд, æвæццæгæн. Цæф прапорщик æм ракаст; йæ фæлурс цæсгом фæрухсдæр мидбылты æнкъард бахудтæй. — О, дæумæ нæ байхъуыстон. — Нæ фæлæ зæгъ: хуыцауы афтæ бафæндыд, — ногæй та загъта капитан. Æрбацыд дохтыр, фельдшерæй райста бинтытæ, скарæн тел, стæй æндæр хъæугæ кусæнгарз æмæ йæ дыстæ бафистæг кæнгæйæ, хъæлдзæг хуызæй бацыд цæф адæймагмæ. — Гъы, æнхъæлдæн æмæ дæуæн дæр æнæвнæлд бынаты хуынкъ скодтой, — загъта уый хъазгæйæ. — Ракæ-ма йæ. Прапорщик йæ коммæ бакаст; фæлæ хъæлдзæг дохтырмæ цы цæстæнгас аздæхта, уым зынди дис æмæ уайдзæф. Дохтыр сæ нæ бафиппайдта. Уый бавнæлд- та цæф бынат скарынмæ æмæ уынынмæ, фæлæ цæф адæймаг нæ бабыхста æмæ йын, тынг хъæрзгæйæ, йæ къух аиуварс кодта... — Ныууадз мæ,—загъта уый сындæг хъæлæ- сæй, — уæддæр мæлгæ кæндзынæн. Уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ æрхауд йæ фæсонтыл. Фондз минуты фæстæ, йæ уæлхъус цы къорд æрæм- бырд, уымæ куы бацыдтæн æмæ салдаты куы бафар- стон, «Куыд у прапорщик?», уæд мын дзуапп радтой; «Фæвæййы». XII Æнафон оси, афтæ, фæтæн колоннæтæй рарæнхъ уæвгæйæ, отряд зарджытимæ фæцæйхæццæ кодта фи- дармæ. Хур фæаууон митджын рæгъты фæстæ æмæ йæ фæ- стаг фæлурс сырх тынтæ æппæрста ирд, сыгъдæг аорвгæрон цы даргъ, тæнæг æврагъ зынд, ууыл. Мит- Джын хæхтæ ныгъуылын байдыдтой цъæхбын мигъы; æрмæст ма сæ уæллаг кæрæттæ диссаджы ирдæй зын- дысты хурныгуылды сæнт сырх рухсы. Мæй раджы Л. Н. Толстой. 33
скаст æмæ ныр урс дардта тарбын цъæх арвыл. Кæр- дæджы æмæ бæлæсты цъæх хуыз тар кæнын байдыд- та, фæзынди сыл æртæх. Æфсады сау дзыгуыртæ æнæ- уæлдай уынæримæ цыдысты бæзджын уыгæрдæныл; алырдыгæйты хъуыстысты барабанты цагъд, хъæл- дзæг зарджытæ. Æхсæзæм ротæйы хъырнæджы хъæлæс хъуысти иттæг тыхджынæй, æмæ рæсугъд, зæрдæбын зарæг дардыл азæлыд изæры сыгъдæг уæлдæфы. 1852 аз.
КАФТИЗÆРЫ ФÆСТÆ — Сымах дзурут адæймагæн, дам, бамбарæн нæй, хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уый, цыма адæймаг цы адæмы ’хсæн уа, хъуыддаг æппæтæй дæр уым ис, стæй йæ алфæмблайчиуа, уыдоны хуызæн свæййы, зæгъгæ. Æз та афтæ æнхъæл дæн, æмæ хъуыддаг куыд æрый- йафа, уымæ гæсгæ вæййы. Æз уын мæхи тыххæй зæгъ- дзынæн... Афтæ дзурын райдыдта нæ зынаргъ Иван Василье- вич. Дзурын та райдыдта, мах ныхас куы фестæм — адæймаг удæй æххæст цæмæй уа, уый тыххæй æппæты фыццаг адæм цы æууæлты цæрынц, уыдон аивын хъæуы, зæгъгæ, уæд. Афтæ ничи дзырдта, зæгъгæ хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уый адæймаг йæхæдæг нæ бам- бардзæн, зæгъгæ. Фæлæ Иван Васильевичы æгъдау афтæ уыд, æмæ-иу исты ныхасы фæдыл йæ сæры цы хъуыдытæ æрбафтыд, уыдонæн-иу дзуапп афтæмæй лæвæрдта, стæй-иу уыцы хъуыдытæм гæсгæ йæхи цар- дæй исты хабæрттæ радзырдта. Бирæ хæттыты-иу дзы бынтондæр айрох, цæй фæдыл райдыдта дзурын, уый, фæлæ-иу йæ дзурыны кой кодта, ныхас ыл-иу бацай- дагъ, уæлдайдæр та уымæы, æмæ раст æмæ тынг зæр- дæбынæй дзырдта. Афтæ бакодта ныр дæр. — Æз мæхи тыххæй зæгъдзынæн. Мæ цард, мæ ал- фæмблай цы адæм ис, уыдон руаджы нæ, фæлæ бын- тон æндæр хъуыддаджы тыххæй ныр куыд у, афтæ æвæрд æрцыд. 25
— Цæмæй, уæд? — бафарстам мах. — Уый дардыл дзуринаг хабар у. Бирæ йыл дзу- рын хъæуы. — Æмæ йæ радзур. Иван Васильевич ныхъуыды кодта, йæ сæр ба- тылдта. — О, загъта уый. — Меппæт цард дæр иу æхсæвæй фæстæмæ, нæ фæлæ иу райсомæй фæстæмæ фендæр- хуызон ис. — Æмæ цы уыдаид уый? — Цы уыди куы зæгъат, уæд иухатт тынг бауарз- тон. Уарзгæ бирæ хæттыты кодтон, фæлæ уый уыди мæ тæккæ арфдæр уарзондзинад. Хабар раджы æр- цыд; ныр мæ уарзонæн йæ чызджытæ мойтæ дæр скод- той. Уый уыди Б..., Варенькæ Б... — Иван Васнльевич ын загъта йæ мыккаджы ном. — Фæндзайаздзыдæй дæр ма диссаджы рæсугъд уыди. Фæлæ æрыгон чызгæй, æстдæсаздзыдæй, уыдис уæлдай рæсугъд: бæрзонд, хæрзконд, тасгæ-уасгæ, стæй сæрбæрзонд, æцæг сæр- бæрзонд. Æдзухдæр йæхи дардта раст, йæ сæр-иу чы- сыл фæстæмæ фæкæнгæйæ. Уымæ гæсгæ, йæ рæсугъд- дзинад æмæ йæ бæрзонд асимæ, кæд .мæллæг уыди, суанг ма йе стджытæ бæрæг дардтой, уæддæр йæ ба- каст уыди цавæрдæр паддзахон бакасты хуызæн. йæ дзых йæ диссаджы æрттивгæ цæстытамæ, стæй йæ фæлмæн æрыгон буар æппæтдæр æппынæдзухæй худ- гæ куы нæ кодтаиккой, уæд ын алчи дæр тарстаид йæ хъал бакастæй. — Куыд æй стауы Иван Васильевич, куыд! — Цыфæнды стыд æй кæнай, уæддæр цавæр рæ- сугъд чызг уыд, уый сымах цæмæй бамбарат, уыйас растауæн ын нæй. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Радзу- рынмæ уын цы хъавын, уый уыди цыппорæм азты. Уæд æз уыдтæн провинциаг университеты студент. Хорз уыди æви æвзæр — зын зæгъæн у, фæлæ уæды рæстæджы мæ университеты æппындæр ницыхуызон къордтæ, ницыхуызон теоритæ уыди, мах уыдыстæм æрмæст æрыгон æмæ цардыстæм, фæсивæд куыд фæ- цæрынц, афтæ: ахуыр дæр кодтам æмæ хъæлдзæг цард ^дæр. Æз тынг хъæлдзæг уыдтæн, стæй цырд, уымæй æттæмæ ма — хъæздыг. Уыди мæм ахъаз- 3(5
заг сираг бæх, чызджытимæ къуыбыртæй дзоныгъ- тæй бырыдтæн (уæд къахдзоныгътæ модæйы нæма уыдысты), ме ’мбæлттимæ нуæзтон (уыцы заманы мах шампайнаг сæны йеттæмæ ницы нуæзтам; фæлæ ’хца ыæй, уæд та ницы, ныры хуызæн арахъ нæ нуæзтам). Мæ зæрдæйы дзæбæхæн цы хъуыддæгтæ кодтон, уыдонæн сæ тæккæ ахъаззагдæртæ уыдысты хъазтизæртæ æмæ балтæ1. Кафгæ хорз кодтон, стæй фыдуынд нæ уыдтæн. — Æфсæрмы ма кæн, — йæ дзырд ын айста сыл- гоймæгтæй иу. — Афтæ ’нхъæл ма у, æмæ дын дæ су- рæт нæ федтам. Тынг рæсугъд уыдтæ. — Фæуæд рæсугъд дæр, фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Хъуыддаг та уым ис, æмæ йæ афтæ тынг куы уарзтон, уæд уыцы рæстæджы æз бæрæгбон кафтизæры уыдтæн губернаг предводительмæ. Уый уыди хæларзæрдæ зæ- ронд лæг, хъæздыг кæрдзындæттон æмæ камергер. Уазджытæн æгасцæуай кодта йæ ус, раст йæхи хуызæн зæрдæхæлар адæймаг, тарбын-морæ хъæдабæ къа- байы, йæ сæрыл иалхъуыт-налмас фероньерке, хæмпус æмæ урс уæхсчытæ æмæ гом риуæй, Елизаветæ Пет- ровнæйы портретты хуызæн. Кафтизæр уыди иттæг хорз: диссаджы зал, уæлейæ дзы — бадæнтæ, музыканттæ — уæды рæстæджы зынд- гонд чи уыди, ахæмтæ иу музыкæуарзаг пъа.мещикы цагъайрæгтæ. Дунейыл диссаг уыди сæ буфет, шампай- наг сæн та — денджызау. Кæд æмæ æз шампайнаг сæн тынг уарзтон, уæддæр нуазгæ нæ кодтон, уымæн æмæ æнæ сæнæй дæр расыг уыдтæн уарзондзинадæй; уый бæрц кафгæ кодтои, мæ къæхтæ мæцасхастой, уыйас кафыдтæн кадрильтæ дæр, вальсытæ дæр, полькæтæ дæр, кæй зæгъьгн æй хъæуы, амал æмæ гæнæн цæмæй уыд, уымæй—Варенькæимæ. Ууыл уыди урс къаба фæлурс-сырх ронимæ, йæ къухтыл лайкæйæ æрмкъух- гæ, иучысыл не ’ххæссыдысты йæ мæллæг, цыргъ рæ- бьгнкъæдзтæм, йæ къæхтыл та урс атлас басмахъытæ. Мазуркæ кафгæйæ мæ разæй фæци ме ’нæуынон ин- женер Анисимов — ныронг дæр ын æй ыæ хатыр кæ- нын, — Варенькæ куьгддæр æрбацыд, афтæ йæ уый Бал — кафтизæр. 37
ахуыдта мазуркæмæ, æз та ма мæ фæндаг хилдасæ- ныл акодтон, хастон ме ’рмкъухтæ, æмæ афтæмæй барæджы кодтон. Уымæ гæсгæ æз мазуркæ йемæ нæ кафыдтæн, фæлæ иу немыцаг чызгимæ, уый размæ иучысыл кæимæ ауæдтытæ кодтон, иу ахæми- мæ. Фæлæ, тæрсын, æнхъæлдæн, уыцы изæр йемæ уый бæрц уæздан нæ уыдтæн, ницы йавм дзырдтон æмæ йæм кæсгæ дæр нæ кодтон, æрмæст уыдтон бæрзонд, хæрзконд чызджы урс къабайы æмæ фæлурс-сырх ро- нимæ, йæ рæсугъд сырхуадул цæсго-м æмæ удыгагайау цæстытимæ. Æрмæст æз нæ, сеппæт дæр æм кастысты, æмæ уыцы бакастæй сæ зæрдæ кодта хъæлдзæг, уарзон цæстæй йæм кастысты нæлгоймæгтæ дæр, сыл- гоймæгтæ дæр, кæд йæ цуры сеппæт дæр ницыуал æндæвтой, уæддæр. Æмæ йæм æнæкæсгæ дæр чи фæ- лæууыдаид. Кæд мазуркæ йемæ нæ кафыдтæн, уæддæр уый фæстæ иумæ кафыдыстæм. Уый дæр-иу æнæкъæмдзæ- стыгæй, залæн йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ — ком- коммæ мæнмæ æрбацæйцыд, æз-иу фæгæпп ластон мæ бынатæй, хонынмæ не ’нхъæлмæ кæсгæйæ, æмæ мын- иу йæ мидбылты бахудтæй раарфæ кодта, æнæсдзур- гæйæ-иу æй кæй бамбæрстон, уый тыххæй. Мах-иу Ва- ренькæмæ куы бакодтой æмæ мын-иу миниог1 куы нæ базыдта, уæд-иу, къух æндæрмæ дæттгæйæ, мæллæг уæхсчытыл схæцыд, стæй-иу, хъыг мын кæй у æмæ мыы ныфс кæй æвæры, уый нысаны тыххæй мæнмæйæмид- былты бахудти. Мазуркæйы зылдтытæ-иу вальсæй куы кодтой, уæд- иу æз бирæ фæкафыдтæн йемæ æмæ мын-иу чызг тагъд-тагъд улæфгæйæ, мидбылты худгæйæ, дзырдта: „Encore" \ æмæ-иу æз дæр кафыдтæн ноджыдæр æмæ ноджыдæр, цыма уæлдæфы тахтæн, уыиау æмæ-иу мæ- хи не ’мбæрстон. — Ау, куыннæ ’мбæрстай! Æз æнхъæл дæн, æмæ йæ æгæр дæр ма æмбæрстай, æрмæст дæхи буар нæ, 1 Миниог зонын —кафтизæры кафæг чызг дыууæ лæппуйæ равзары иуы, йемæ скафыны тыххæй, кафæджы афтæ фæхонынц фæсномыгæй. 2 Ensore — ноджыдæр (францусагау). 38
фæлæ чызджы буар дæр, йæ астæу ын-иу куы æрба- хъæбыс кодтай, уæд, — загъта уазджытæй иу. Иван Васильевич ныссырх æмæ мæстыгомау фæ- хъæр кодта: — О, уый сымах афтæ стут, ныры фæсивæд. Сы мах буары йеттæмæ æппындæр ницы уынут. Max рæ- стæджы афтæ нæ уыди. Куыд тынгдæр уарзтон, афтæ йæ буар мæ зæрдыл къаддæр лæууыди. Сымах ныр уынут къæхтæ, фадхъултæ æмæ ма ноджы цыдæр, цы сылгоймæгты бауарзут, уыдонæн раласут сæ дарæс, мæнæн та, Альфонс Карры загъдау — хорз фыссæг уыди, — мæ уарзоныл кæддæриддæр бронзæйæ конд дарæс уыди. Max дарæс ласгæ ыæ, фæлæ ма, Нойы хорз фыртау, архайдтам бæгънæг буар бамбæрзыныл. Æниу, æвæдза, уый æмбаргæ дæр нæ бакæн- дзыстут... — Ма йæм хъус. Дарддæр та куыд уыди? — загъта нæ иу. — О! Æмæ æз фылдæр хæттыты уыимæ кафыдтæн, æмæ рæстæг куыд аивгъуыдта, уый дæр нæ бамбæр- стон. Музыканттæ бастадысты æмæ ма сæ тых-сæ бо- нæи, — зонут, мæнæ кафтизæры кæронмæ ’ввахс куыд вæййы, афтæ — цагътой æмæ баййардтой уыцы иу ма- зуркæйы мотив. Фыдæлтæ æмæ мадæлтæ къамæйхъа- зæн стъолты цурæй стын байдыдтой, æхсæвæрмæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, лакейтæ дæр, цыдæртæ хæсгæйæ, арæхдæр разгъор-базгъор кодтой. Уыди æртыккæгæм сахат. Фæстаг минуттæй ма фæпайда кæнын хъуыди. Æз ма йæ ноджыдæр сæвзæрстон иу хатт æмæ та, æвæццæгæн, сæдæйæм хатт, стыр залы акафыдыстæм. — Æхсæвæры фæстæ кадриль иумæ кафдзы- стæм? —загътон чызгæн, йæ бынатмæ йæ куы фæцæй- кодтон, уæд. — О, кæд мæ нæхимæ нæ акæной, уæд, — загъта уый, мидбылты бахудгæйæ. — Нæ сæ бауадздзынæн, — загътон æз. — Æри-ма веер, — загъта чызг. — Хæлæг дын æй кæньгн, — худгæйæ загътон æз, урс аслам веер æм куы лæвæрдтон, уæд. — Кæд æй афтæ хæлæг кæныс, уæд а, — зæгъгæ, веерæй иу сис ратыдта æмæ мæм æй радта. 39
Æз дæр сис райстон, æмæ, дзырдмæ нал сарæхс- гæйæ, мæ цин æмæ бузныг æгасæй дæр загътон мæ цæстæнгасæй. Æз уыдтæн æрмæст хъæлдзæг æмæ буз- ныг нæ, — æз уыдтæн амондджын, буц, æз уыдтæн хæларзæрдæ, æз ыал уыдтæн мæхæдæг, фæлæ цавæр- дæр уæларвон уæвæг, маст цы у, уый æппындæр чи нæ зоны æмæ æрмæст уарзон хъуыддæгтæ кæнынхъом чи у, ахæм. Уыцы сис æз бафснайдтон ме ’рмкъухы æмæ йæ разы лæууыдтæн. йæ цурæй ацæуын мæ бон нæ уыди. —■ Кæс-ма, папайы кафын кæныпц, — загъта чызг йæ бæрзонд, хæрзконд булкъон фыдмæ мын амонгæйæ Йæ фыдыл уыди эполеттæ æмæ хæдзары æфсин æмæ æндæр сылгоймæгтимæ уаты къæсæрыл лæууыди. — Варенькæ, ардæм-ма рауай,— айхъуыстам мах гом уæхскджын æмæ налхъуыт-налмас фероньеркæ- джын хæдзары æфсины хъæрæй ныхас. Варенькæ барасти дуары ’рдæм, æз дæр йæ фæдыл. — Зæгъ-ма, ma chere1 дæ фыдæн, æмæ демæ иу зылд уæддæр æркæна. Цæй-ма, дæ хорзæхæй, Петр Владиславич, — загъта æфоин бул’къонæн. Варенькæйы фыд уыди тынг рæсугъд, хæрзконд, бæрзонд æмæ æрыгонхуыз ацæргæ лæг. йæ уадултæ уыдысты тынг сырх, йæ рихитæ та — уæлæмæ здыхт æмæ схъæл, паддзах Николай I-æмы рихиты хуызæн, рихиты онг бакенбардтæ, йæ къæмисазны хъуынтæ фаст размæ æмæ раст йæ чызджы хуызæн уымæн дæр хъæлдзæг мидбылты худт зыиди йе ’рттиваг цæстытæ æмæ былтыл. Йæ буары конд иттæг рæсугъд. Йæ риу, æфсæддон лæджы риу куыд уа, афтæ — размæ, уыйас бирæ ордентæ йыл нæ уыд, йæ уæхсчытæ тыхджын, зæнгтæ даргъ æмæ хæрзконд. Иу дзырдæй, уый уыди Николайы рæстæджы ахуыр зæронд службæгæнæджы æнгæсæи æфсæддон хицау. Дуармæ куы баввахс стæм, уæд булкъон нæма ра- зы кодта акафыныл, дзырдта — кафын нал зонын, зæгъгæ, фæлæ уæддæр, кæрддзæмæй æхсаргард сла- ста, авæрдта йæ иу уæздан лæппу-лæгмæ æмæ, зам- 1 Ma chere —мæ зынаргъ. 40
шæйæ конд æрмкъух рахиз къухыл бакодта, — «алцы дæр хъуамæ æгъдаумæ гæсгæ уа», зæгъгæ, — мидбыл- ты худгæйæ, сдзырдта булкъон, — айста йæ чызджы къух æмæ æрлæууыд, тактмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Мазуркæйы мотив райдайынмæ банхъæлмæ кæс- гæйæ, уый иу къах цырд æртъæпп кодта, аннæ къах размæ феппаргæйæ, æмæ уыцы бæрзонд, уæззау адæй- маг дзæбæх кафын райдыдта. Варенькæйы гуырвидауц фигурæ ленк кодта йæ цуры, зына-нæзына, куы-иу ба- хъуыд, уæд, йæ чысыл, урс атлас къæхты къахдзæфтæ даргъдæр кæнæ цыбырдæргæнгæйæ. Æнæхъæн зал дæр ныккасти уыцы дыууæйы алы фезмæлдмæ. Æз дæр сæм стыр цинимæ куыннæ кастаин, зæрдæйы гуыпп-гуыппимæ! Уæлдай тынг фæцыдысты мæ зæрдæ- мæ йæ диссаджы рæсугъд цырыхъытæ, сæ фындзтæ ног модæмæ гæсгæ нæ, фæлæ рагон модæмæ гæсгæ цыппæрдигъон, æнæзæвæт. Æвæццæгæн, æмæ цыры- хъытæ скодта батальоны цырыхъгæнæг. «Уарзон чыз- джы адæмы ’хсæнмæ кæнынæн æмæ йын дарæс хуы- йынæн амал цæмæй уа, уый тыххæй модæмæ гæсгæ хуыд цырыхъытæ не ’лхæны, фæлæ хæдзары конд цы рыхъытæ», — ахъуыды кодтон æз, æмæ уыцы цыры- хъыты цыппæрдигъон фындзтæ мæ зæрдæмæ уæлдай тынг уымæн фæцыдысты. Бæрæгуыд, кæддæр тынгхорз кæй кафыди, фæлæ ныр æруæззау, стæй йæ зæнгтæ дæр нал уыдысты, цы рæсугъд æмæ цырд фæзылдты- тæ кæныныл архайдта, уыдонæн фаг тасгæ. Фæлæ уæддæр дыууæ хатты æрзылди рæвдз. Уый фæстæ булкъон, къæхтæ цырд фæйнæрдæм акæнгæйæ та сæ фæстæмæ фæрсæй-фæрстæм куы авæрдта æмæ, иу- чысыл уæззаугомау, йæ иу зоныгыл куы æрхауд, чызг та, мидбылты худгæйæ æмæ фыд кæуыл фæхæцыд, уы- цы юбкæ дзæбæхтæгæнгæйæ, йæ алфæмблай ленкгæнæ- гау куы æрзылд, уæд адæм сеппæт дæр сæмдзæгъд кодтой. Иучысыл зынгомау сыстгæйæ, уый фæлмæн æмæ уарзон æвнæлд бакодта йæ къухтæй йæ чызджы сæрмæ, йæ ныхæн ын ныбба кодта æмæ йæ уæд æрба- кодта мæнмæ, æз цыма йемæ чи кафы, уый дæн, уый æнхъæлæй. Æз ын загътон — йæ кавалер нæ дæн, зæгъгæ. — Цæй, цы хъауджыдæр у, ныр та ды æркаф йе- 41
мæ,—загъта мидбылты фæлмæн бахудгæйæ æмæ æх- саргард кæрддзæмы тъысгæйæ. Авгæй иу æртах куы æрхауы, уæд уый фæстæ æнæ- хъæнæй дæр куыд æркæлы стыр сæхсæхæй, афтæ уы- ди, Вареньюæмæ цы уарзондзинад дардтон, уый дæр. Уый мын мæ зæрдæйы мидæг уарзондзинадæн цы фæ- рæзтæ уыд, уыдон иууылдæр суæгъд кодта. Уыиы за- маны æз мæ уарзондзинадæй хъæбыс кодтон æгас дунейы дæр. Æз уарзтон хæдзары хицæутты дæр, лæ- гæй, усæй, йæ уадзжыты дæр, йæ лакейты дæр, суанг ма мæм тигъæй чи каст, уыцы инженер Анисимовы дæр. йæ фыды та, йæ хæдзары конд цырыхъытимæ æмæ йæ мидбылты худтимæ, раст Варенькæйы мид- былты худты хуызæн, æз уæд уарзтон уæлдай тынг æмæ йæм дардтон уæлдай фæлмæн зæрдæ. Мазуркæ фæци. Хæдзары хицæуттæ уазджыты фынгтæм хонын райдыдтой, фæлæ булкъон Б. нæ ба- куымдта, райсом мæ раджы стын хъæуы, зæгъгæ, æмæ хæрзæхсæв загъта хæдзары хицæуттæн. Æз исдугмæ фæтарстæн Варенькæйы дæр семæ акæндзысты, зæгъ- гæ, фæлæ уый йæ мадимæ ныллæууыди. Фæсæхсæвæр æз йемæ кафыдтæн кадриль, дзырд мын куыд радта, афтæмæй. Æмæ кæд æз, æвæццæгæн æмæ, æнæкæрон стыр амондджын уыдтæн, уæддæр мæ амонд рæзыд æмæ рæзыд æнæ ’рынцойæ. Max ницы дзырдтам уарзондзинады фæдыл; æз æй нæ фарстон, нæ бафарстон суанг мæхи дæр, уарзы мæ æви нæ, уы- мæй. Æз æй кæй уарзтон, уый мын æгъгъæд уыд. Æмæ æз тарстæн æрмæст иу хъуыддагæй — мæ амонд мын цæмæй мацы фехæлдтанд. Нæ хæдзармæ куы ’рбацыдтæн, мæ дарæс куы ра- ластон æмæ бафынæйы тыххæй куы ахъуыды кодтон, уæд æй бафиппайдтон — æппындæр мæ хуыссæг кæй не ’рцахсдзæн, уый. Мæнæн мæ къухы уыдысты йæ вееры сис æмæ йе ’рмкъух, сæ хæдзармæ цæугæйæ къареты сбадынмæ куы хызти, æмæ йын æз фыццаг йæ мадæн куы аххуыс кодтон сбадынæн, стæй та йæ- хицæн, уæд мын кæй радта, уый. Æз кастæн уыцы дзауматæм æмæ мæразы уыдтон Варенькæйы. Мæцæ- стытыл-иу ауади Варенькæ-иу дыууæ кавалерæй иу æв- заргæйæ, мæ миниог куы базыдта, уый, хъусын ын 42
йæ дзæбаах хъæлæс: «Хъалдзинад? нæ?» æмæ мæм, цингæнгæйæ, дæтты йæ къух, на уый нæй — æхсæвæр хæргæйæ шампайнаг сæны нуазæны йæ был атулгæйæ, мæм æрфгуыты бынæй рæвдаугæ, цæстытæй куыд кæ- сы, уый. Фæлæ йæ æппæты арæхдæр та уынын йæ фы- димæ кафгæйæ, йæ цуры ленкгæнæгау куы зилы, стæй йæ фыды тыххæй дæр æмæ йæхи тыххæй дæр райгæ æмæ сæрбæрзондæй куы ракæсы, хæларæй сæм цы адæм кæсынц, уыдонмæ, уæд. Сæ дыууæ дæр мæ зæрдæйы сиу вæййынц фæлмæн, хъарм æнкъарындзи- надæй. Уæд æз цардтæн ме ’фсымæримæ, ныр амарди. Цардыстæм иунæгæй. Me ’фсымæр æнæуый дæр нæ уарзта ахæм адæмы, стæй-иу кафтизæртæм дæр нæ цыди. Уæд та йæхи цæттæ кодта кандидаты экзамен- мæ æмæ иттæг раст цард кодта. Уый уыли фынæй. Сæр арф ныннорста базы æмæ йе '’мбисы онг æрæм- бæрзта фанел хъæццулæй. Æз æм ныккгстæн æмæ йын иттæг уарзон тæригъæд фæкодтон, мæнæн мæ зæрдæйы цы амонд, цы циндзинад уыди, уыдон кæй нæ зыдта, уыдонæй хайджын кæй нæ уыди, уый тыххæй. Нæ цагъайраг лакей Петрушкæ сойын цырагъимæ ра- цыди мæ размæ æмæ мын мæ дзауматæ раласынæн æххуыс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ æз хуыссынмæ ар- выстон. Иæ пыхцыл хъуынджын хуыссæнхъæлдзæг цæсгом мæм фæкасти диссаджы фæлмæн æмæдзæбæх. Уынæр нæ кæныныл архайгæйæ, æз мæ къахкъухтыл араст дæн мæ уатмæ æмæ хуыссæныл æрбадтæн. Нæ, æз æгæр амондджын уыдтæн, нæ уыд бафынæй мæ бон. Ноджы æгæр сæнтæф дæн хъарм уæтты æмæ, мундир нæ ралаогæйæ, сындæггай рацыдтæн сенæмæ, мæ уæлæ скодтон цинел, æттаг дуар байгом кодтон æмæ рацыдтæн уынгмæ. Кафтизæрæй æз рацыдтæн фæндзæм сахат уыд, афтæ. Цалынмæ нæхимæ цыдтæн, хæдзары уьтдтæн, уæдмæ дæр ацыдаид дыууæ сахаты бæрц, æмæ æз, уынгмæ куы рахызтæн, уæдмæ сбон и. Цæрвхæрæнты рæстæг куыддæриддæр вæййы, ныр дæр уыди раст аф- тæ: мигъ бон, донæй æфсæст мит тади фæндæгтыл, уæлхæдзæрттæн сеппæтæй дæр дон цъыкк-цъыкк кодта. Уæд Б-тæ цардысты горæтгæрон, дынджыр бы- 43
дыры фарсмæ. Быдырæн йæ иу кæроны уыди тезгъойы бынат, иннæрдыгæй та — чызджыты институт. Æз араст дæн хæрз афтид цæхкæрмæ уынгыл æмæ рахыз- тæн стыр уынгмæ, уым æмбæлын байдыдтон фистæг адæмыл дæр æмæ уæззауласæн бæхтимæ дæр, стæй дзоныгътыл цæуджытыл дæр. Уыдон сугтæ ластой æмæ хафтой сосæйы дуртæ. Æрттивгæ къæлæтты бын бæхты узгæ хуылыдз сæртæ дæр, цъолобитæй æмбæрзт бæхтæрджытæ дæр, уæрдæтты фæрсты дынджыр цы- рыхъытæй цъæпп-цъæпп чи кодта, уыдон, уынджы хæ- дзæрттæ дæр, тынг бæрзонды хуызæн чи зынди ми- гъы — уыдæттæ мæм иууылдæр кастысты уæлдай дзæ- бæх, уæлдай стыр. Быдырмæ куы рахæццæ дæн, сæ хæдзар кæм уыд> уырдæм, уæд ын йæ кæроны, адæм тезгъо чердыгæй фæкæнынц, уыцырдыгæй, ауыдтон стыр сау цыдæр æмæ дзы барабан æмæ уадьшдзы мыртæ фехъуыстон. Мæ риуы мæ зæрдæ æнæбанцайгæйæ зарыди, хаттæй- хатт мæм-иу хъуысти мазуркæйы мотив. Уый та æн- дæр цавæрдæр, дæрзæг. æвзæр музьткæ уыди. «Циу, цымæ уый?» — ахъуыды «одтон æз æмæ бы- дыры бæстастæу цы фæндаг уыд, бырынцъаг фæндаг, ууыл арастдæн, барабан æмæ уадындзы мыртæ кæцы- рдыгæй хъуыстысты, уыцырдæм. Иу сæдæ къахдзæфы акæнгæйæ, мигъы аууонæй æвзарын байдыдтон бирæ адæмы сау æндæрджытæ, æвæццæгæн, салдæттæ уы- дысты. «Хъуамæ ахуыр кæной», — ахъуыды кодтон æмæ мæ размæ чи цыди чъиу цыбыр кæрцы æмæ йæ размæдарæны цыдæр хæсгæйæ, уыцы куырдимæ иумæ æз дæр бацыдтæн хæстæгдæр. Салдæттæ сау мундир- ты дыууæ рæнхъæй лæууыдысты кæрæдзийы комком- мæ, топпытæ сæ къухты, афтæмæй. Сæ фæстæ лæууы- дысты барабанджынтæ æмæ уадындзджынтæ, æнæ банцайгæйæ уыцы иугæндзон цауд, хъыллистгæнаг мо- тив кæнгæйæ. — Цы ми кæнынц уый? — афарстон куырды, уый дæр æрлæууыд мæ фарсмæ. — Тæтæйраджы наамынц, кæй алыгъд, уый тых- хæй, —мæстыйæ загъта куырд, салдæтты рæнхъыты фаллаг кæронмæ лæмбынæг кæсгæйæ. Æз дæр фæкастæп уыцырдæм æмæ рæнхъыты 44
’хсæн ауыдтон цыдæр æбуалгъ, ме ’рдæм чи æрбацæй- хæстæг кодта, ахæм. Уый та уыди ронбасты онг бæгъ- нæг адæймаг, чи йæ æрбацæйкодта, уыцы дыууæ сал- даты топпытæм бастæй. Сæ фарсмæ цыди бæрзонд лæг, æфсæддон кусæг, цинел йæ уæлæ, сæрыл та тъæ- пæн худ. Лæджы цыма зыдтон, афтæ мæм фæкаст. Нæмгæ кæй кодтой, уымæн йæ буар æгасæй дæр фе- стъæлф-фестъæлф кодта, лæхъир миты къæхтæй цъæпп-цъæпп кæнгæйæ, дыууæрдыгæй дæр ыл цæфтæ арæхæй калдысты, афтæмæй ме ’рдæм æрбацæйхæ- стæг. Лæг-иу фæстæмæ куы фæлдæхт, уæд-иу æй ун- тер-афицертæ, фæстæмæ ма ахауа, зæгъгæ, схуыстой размæ. Размæ хаугæйæ, та-иу æй унтер-афицертæ, раз- мæ ма ахауа, зæгъгæ, фæстæмæ ивæзтой. Йæ фарсмæ, фидар æмæ схъиугæ къахдзæфтæй цыди бæрзонд æф- сæддон. Уый уыди чызджы фыд, йæ сырхуадул цæс- гомимæ æмæ урс рихитимæ æмæ бакенбардтимæ. Кæй надтой, уый алы цæфæн дæр, цыма-иу дис кодта, уыйау, хъизæмарæй æнцъылдтытæ цæсго-м азылдта иуварсæрдæм, кæцырдыгæй-иу æй æрцаф- той, уыцырдæм, æмæ урс дæндæгтæ ныззыхъыр кæн- гæйæ, цавæрдæр уыцы иухуызон ныхас кодта æмæ кодта. Æрмæст мæм бынтон куы æрбахæстæг, уæд фехъуыстон уыцы ныхæстæ. Уый дзургæ нæ кодта, фæлæ хæкъуырццæг: «Æфсымæртæ, батæригъæд кæ- нут! Æфсымæртæ, батæригъæд кæнут!» Фæлæ æфсы- мæртæ нæ тæригъæд кодтой. Æмæ мæ тæккæ цурмæ куы æрбахæццæ сты, уæд уæлдай хорз уыдтон, мæ комкоммæ цы салдат лæууьтд, уый размæ фидар къах- дзæф куыд акодта æмæ дæрдтыл, æхситггæнгæ куыд æрзылди йæ лæдзæг æмæ тæтæйраджы фæсонтæ куыд æрдзæхст ласта, уый. Тæтæйраг размæ фæцудыдта, фæлæ йæ унтер-афицертæ фæурæдтой, æмæ та раст ахæм цæф æрæмбæлд иннæрдыгæй, стæй та ацырды- гæй, ноджыдæр та иннæрдыгæй... Булкъон цыд йæ фарсмæ, æмæ, куы йæхи къæхты бынмæ ныккæс-нык- кæс кæнгæйæ, куы та нæмгæ кæй кодтой, уымæ бакæс- бакæс кæнгæйæ, æнцад-æнцойæ улæфыд. Æз кæм лæу- уыдтæн, уымæй дарддæр куы ацыдысты, уæд рæнхъыты ’хсæн ауыдтон, кæй надтой, уымæн йæ фæсонтæ. Уыдон уыдысты куыддæр æнæхуыз хъулон, 45
мæцъæл, сырх, æмæ адæймаджы буар у, зæгъгæ, мæ уый нæ бауырныдта. — О, хуыцау! — мæ фарсмæ сдзырдта куырд. Уыдон цыдысты дарддæр. Фыццаджы хуызæн, цæфтæ фæд-фæдыл хаудысты дыууæрдыгæй дæр, кæл- гæ-кæлгæ æмæ фыр риссæй зылынтæ чи кодта, уыцы æнамонд адæймагыл. Фыццаджы хуызæн цавтой бара- бантæ æмæ æхситт кодта уадындз, æмæ раст фыцца- джы хуызæн фидар къахдзæфтæй, нæмгæ цы адæйма- джы кодтой, уый фæстæ цыди бæрзонд æмæ хæрзконд булкъон. Æвиппайды булкъон фæлæууыд æмæ цырд бахæстæг салдæттæй иумæ. — Æз дын сыкк кæнын бацамондзынæн, — ай- хъуыстон ы-н йæ мæсты хъæлæс.—Сыкк-ма кæндзы- нæ? Кæндзынæ? Æмæ федтон йæ тыхджын къухæй, замш æрмкъу- хы чи уыд, уымæй фыдхуыз, ныллæг æмæ тæнтъихæг салдаты цæсгом куыд надта, уый, уыцы салдат тæтæй- раджы сырх-сырхид фæсонтæ фаг тыхджынæй кæй нæ ныццавта, уый тыххæй. — Ног шпицрутентæ1 тагъддæр. — Фæхъæр кодта уый, фæстæмæ фæкæсгæйæ, æмæ федта мæн. Цыма мæ зонгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ даргæйæ, æрф- гыутæ мæсты тар фæкодта æмæ тагъд карз фæзылд иннæрдæм. Мæхимæ афтæ æгад æркастæн, æмæ мæ цæстытæ цы фæкодтаин, кæцырдæм акастаин, уый дæр нал зыдтон, цыма мæ бынтон æвзæр худинаджы хъуыдда- джы æрцахстæуыд, уыйау, æмæ мæ цæстытæ дæлæмæ æруадзгæйæ, нæхимæ ацæуыныл фæтагъд кодтон. Æнæ- хъæн фæндагыл дæр мæ хъусты гуыргуыр кодта бара- банты хъæр, æмæ уадындз æхситт кодта, куы та-иу хъуысыд: «Æфсымæртæ, фæтæригъæд кæнут!» Куыта- иу мæм фехъуысти булкъоны мæсты, хицæй бузныг хъæр: «Сыкк-ма кæндзынæ, кæндзынæ!» Афтæмæй та мæ зæрдæйы ахæм стыр рисс, ахæм æнкъарддзинад 1 Шпицрутентæ — нæмæн уистæ. Нæмгæ та дзы кодтой сал- дæтты,^уæды рæстæджы уынаффæ-иу кæмæн бакодтой, уый-иу акодтой 100 — ЗООкæнæ фылдæр салдаты рæнхъыты ’хсæн. Алы салдат дæр ын уисæй цавта йæ фæсонтæ тæлмацгæнæджы фип- паинаг. 46
уыди суанг мæ зæрдæ кæмæй хæццæ кодта, æмæ æз фæлæууыдтæн цалдæр хатты. Афтæ мæм каст, цыма ахæм æвзæр хъуыддаг фенды фæстæ мæ хуылфы цы æбуалгъдзинæдтæ бахызти, уыдон мæнæ-мæнæ сом- дзынæн. Нæхимæ куыд бафтыдтæн æмæ куыд схуыс- сыдтæн, уый дæр нæ хъуыды кæнын. Фæлæ куыддæр афынæй кæнынмæ хъавыдтæн, афтæ та уыдæттæ иу- уылдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты, фехъуыстон, фед- тон сæ æмæ фестадтæн. «Æвæццæгæн, æмæ æз цы нæ зонын, ахæм цыдæр зоны,—хъуыды кодтон æз булкъоны тыххæй. — Уый цы зоны, æз уыдон куы зонин, уæд æз цы федтон, уы- дон æмбаргæ дæр бакодтаин æмæ мын уыдон сеппæт дæр хъизæмары хос нæ уыдаиккой». Фæлæ цас фæнды хъуыды кодтон, уæддæр нæ баци мæ бон, булкъон цы зоны, уый бамбарын. Æмæ фынæй дæр бадæн изæры ’рдæм, уый дæр, мæ хæлармæ куы ацыдтæн æмæ йæм бынтондæр куы срасыг дæн, æрмæст уæд. Æмæ’ куыд æнхъæлут, æз уæд, мийаг, цы федтон, уый, мийаг, æвзæр хъуыддаг схуыдтон æз? Æппындæр нæ. «Кæд æмæ йæ афтæ фидарæй кодтой, стæй йæ кæд адæм сеппæт, æнæ бакæнгæ кæмæн нæй, ахæм хъуыд- даг хуыдтой, уæд, æвæццæгæн æмæ, æз цы нæ зыдтон, уыдон ахæм цыдæр зыдтой», — хъуыды кодтон æз æмæ йæ цæмæй базонон, ууыл архайдтон. Фæлæ цыфæнды бирæ архайдтон, нæ йæ> базыдтон суанг уый фæстæ дæр ма. Куы нæ йæ базыдтон, уæд æфоæддон службæ- мæ дæр нæ бацыдтæн, фыццаг мæ куыд фæндыд, аф- тæ. Стæй нæ службæ кодтон æрмæст æфсады нæ, фæ- лæ æндæр ран дæр, æмæ куыд уынут, афтæмæй æп- пын бæзгæ дæр ницæмæн кодтон. — Цæй, истæмæн бæззыдтæ, æви нæ бæззыдтæ, уьгй мах хорз зонæм, — загъта нæ иу.—Зæгъ-ма, уæ- дæ, хуыздæр: ды куы нæ уыдаис, уæд æппындæр чи ницæмæн бæззыдаид, ахæм адæм цас уыдаид. — Нæ, уый бьгнтон æдылыдзинад у, — мæстыгомау зæрдиагæй загъта Иван Васильевич. — Æмæ уæд уарзондзинад та? — бафарстам æй мах. — Уарзондзинад? Уыцы бонæй фæстæмæ уарзон- дзинад къаддæргæнгæ рацыд. Варенькæ-иу йæ мидбыл- 47
ты худгæйæ йæ хъуыдытыл куы фæци, афтæ та-иу арæх кодта, уæд-иу уайтагъддæр мæ зæрдыл æрба- лæууыд, булкъон быдыры цы ми кодта, уый, æмæ-иу уæд куыддæр стыхстæн, мæхицæн-иу бынат нал ард- тон, æмæ йæ уынын байдыдтон къаддæрæй-къаддæр. Æмæ уарзондзинад дæр, афтæ къаддæргæнгæ, айсæфт бынтон... Гъе, ахæм хъуыддаг вæййы гъе. Ахæм хъуыд- дæгтæ аивынц æмæ саразынц адæймаджы цард. Сы- мах та дзурут, — фæци йæ ныхас Иван Ваоильевич.
ХОДЫНКÆ — Дæ хивæнддзинад дын не ’мбарын. Райсом дын æдыхстæй дæ мады хо Верæимæ павильонмæ цæуæн куы ис, уæд дæхи æнæ хуыссæг цæмæн кæныс «адæ- мы астæумæ» цæмæн цæуыс? Уым алцыдæр фендзы- нæ. Куы дын дзырдтон, Берг мын зæрдæ сæвæрдта, кæй дæ акæндзæн, уымæй. Науæд дæхæдæг нæ бацæу- дзынæ, фрейлинæ куы дæ. Афтæ йæ 23-аздзыд чызг Александрæйæн, «Ринæ», зæгъгæ, кæй схуыдтой, уьгмæн дзырдта къняз Павел Голицын, уæздæтты ’хсæн пижонæй кæй зыдтой, уый. Уыцы ныхас æрцыди Мæскуыйы, 1896-æм азы 17 майы, изæрæй, коронацийы адæмон бæрæгбоны хæд агъоммæ. Хъуыддаг та афтæ уыд, æмæ рæсугъд, хъа- руджын чызг бакастæй голицынты æнгæсæн уыд. Йæ фындз цæргæсы гуыбыр фындзы хуызæн. Уый пыр бæрзонд уæздæтты кафтизæртæм нал цыди фыццаджы хуызæн, æмæ уыди, раст дæр та йæхи нымадта раззаг- дæр сылгоймæгтыл æмæ уыди народниктæй. Уыд иу- нæг чызг. йæ фыд æй бирæ уарзта, æмæ йæ цыдæрид- дæр фæндыд, уый кодта. Ныртæккæ та, йæ фыды загъдау, йæ зæрды æрæфтыд йæ кузенимæ адæмы бæрæгбонмæ ацæуын, бонрæфты паддзахы галуаны адæмимæ нæ, фæлæ хуымæтæг адæмимæ, хæдзары кæртгæс æмæ бæхтæрæджы æххуысгæнæгимæ иумæ. Уыдон та хæдзарæй тынг раджы араст кæнынвæнд скодтой. — Папæ, адæммæ кæсын нæ, фæлæ цæмæй семæ 4 Л. Н. Толстой. А9
уон, уый мæ фæнды. Кæддæра æрыгон паддзахмæ цы цæстæй кæсынц. Иунæг хатт мын уый бакæнæн куын- нæ ис... — Цæй, цы дæ фæнды уый кæн, дæ хивæнддзинад дын зонын. — Хъыг дын ма уæд, мæ уарзон паггæ. Дзырд дын дæттын мæхи кæй хъахъæндзынæн, уый тыххæй, стæй Алек мемæ уыдзæн, уæгъд мæ не суадздзæн. Уыцы хъуыддаг фыдмæ кæд цыфæнды æнахуыр æмæ хъæддаг ми каст, уæддæр ма йын цы гæнæн уыд, æмæ сразы. — Ацу йыл, кæй зæгъын .æй хъæуы, — коляскæйы ацæуон, зæгъгæ, йæ чызг куы бафарста, уæд, — Хо- дынкæйы онг ыл ацæудзынæ æмæ йæ фæстæмæ рар- витдзынæ. — Цæй, уæдæ афтæ фæуæд. Чызг йæ фыдмæ бацыд. Уый йыл, æгъдаумæ гæс- гæ, дзуар бафтыдта, чызг ын йе стыр урс къухæн аба кодта. Æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. Раст уыцы бон изæрæй, зындгонд Мария Яковлев- нæ папиростæгæнæн фабричы кусджытæн цы фатер лæвæрдта, уым дæр ныхас цыди райсомы тезгъойы тыххæй. Ягоднæй Емельяны фатермæ бауадысты йе ’мбæлттæ, æмæ, кæд хъуамæ араст уой, ууыл ныхас кодтой. — Куы не схуыссæм, уæддæр, хъæлæкк, ницы кæ- нид, кæннод æгæр куы афынæй уæм, мийаг, — дзырдта хъæлдзæг лæппу-лæг Яшæ, хъæдкъулы æтте чи цард, уый. — Схуыссын та цы хъыгдары, — дзуапп лæвæрдта Емельян. — Сæумæцъæхæй араст уыдзыстæм. Фæси- вæд дæр афтæ загътой. — Цæй, кæд хуысгæ, уæд, — хуыогæ. Æр-мæст-иу мæ, Семеныч, исты куы уа, уæд райхъал кæн. Емельян ын зæрдæ бавæрдта, йæхæдæг стъолы лагъзæй цыллæ ’ндæхтæ систа, цырагъ æрбахæстæг- дæркодта æмæ йæ сæрдыгон палтойы хъуаг цæппæр хуыйыныл балæууыди. Уый фæстæ йæ хуыздæр дзау- матæ срæвдз кодта, даргъ бандоныл сæ æрæвæрдта, цырыхъытæ ныссыгъдæг кодта, стæй скуывта: «Хуы- цау», «Мадымайрæм», цæмæн хъæуынц, уый æмбаргæ 50
Дæр нæ кодта, æниу сæ бамбарыныл дæр никуы тых- сти, стæй, йæ цырыхъытæ æмæ хæлаф раласгæйæ, æркъул кодта хъинцгæнæг сынтæджы, æууæрстытæ го- баныл. «Чи зоны? — хъуыды кодта. — Куыннæ вæййы амондджын адæм дæр! Чи зоны æмæ мæм æцæг æр- бафтдзæн æмбулæг билет». (Адæмыл атауыс кодтой, лæвæрдтæй уæлдай ма æмбулаг билеттæ дæр уардзы- сты, зæгъгæ). «10 мины та кæм... Иу фæндзай туманы уæддæр куы уаид. Æвæдза цы хъуыддæгтæ дзы бакæ- нин: зæрæдтæи дзы æрвыстаин, усы йæ куыстæй си- стаин. Кæннод цæй цард у хицæнтæй. Адæмы мыккаг сахат дæр балхæнин. Мæхицæн дæр æмæ усæн дæр кæрцытæ срæвдз кæнин. Кæннод дæ гæндзæхтæ цæгъ- дыс æмæ цæгъдыс, уæддæр зынвадатæй фервæзын амал нæй! Æмæ мæнæ йæ цæстытыл уайын байдыдта, йæ уси- мæ Александры цæхæрадоны куыд фæцæуы, æмæ йæ а-сæрды цы городовой æрцахста, расыгæй кæй æлгъы- ста уый тыххæй, уыцы городовой дæр, цыма, городо- вой нал у, фæлæ инæлар, æмæ йæм уыцы инæлар худы æмæ трактирмæ органы цагъдмæ байхъусынмæ хоны. Æмæ орган цæгъды ’мæ цæгъды, раст цыма сахаты цæфтæ сты, уыйау. Семеныч фехъал æмæ хъусы, — оахат сыфсыф кæны æмæ цæвы, хæдзары ’фсин та, Мария Яковлевнæ, æтте хуыфы, рудзынджы дæр зноны хуызæн талынг нал у. «Æгæр ма афынæй уон, мийаг». Емельян сыстади, бæгъæввадæй барасти хъæдкъу- лы фалæмæ, хъал кæны Яшæйы, йæ дзауматæ кæны, сæрыхъуынтæ сойæ1 сæрды, фасы сæ, чысыл саст ай- дæнмæ кæсы. «Ницы мын у, хорз. Чызджытæ дæр м.æ уыйас yap- зынц. Фæлæ мæм хынджылæг кæнын нæ цæуы...» Бацыди хæдзары хицаумæ. Зыон куыд баныхас кодтой, уымæ гæсгæ дзæкъулы мидæг райста дыууæ айчы, цæхджын фыд, авджы дзаг арахъ, æмæ куыддæр боныцъæхтæ кæнын байдыдта, афтæ Яшæимæрахызти кæртæй æмæ араст сты Петры парчы ’рдæм. Уыдон иунæг не сты. Сæ разæй дæр цæуынц, фæсте дæр сæ æййафынц, алырдыгæйты фæцæуынц æмæ сиу вæй- 51
йынц, нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр æмæ сы- вæллæттæ дæр, иууылдæр хъæлдзæгæй, хæрзарæзтæй цæуынц уыцы иу фæндагыл. Æмæ, дын, мæнæ бахæццæ сты Ходынкæйы быдыр- мæ. Уым адæмæй сау адардта. Алы рæттæй цæуы фæздæг. Боныцъæхтыл уазал уыди, æмæ-иу адæм сæ- хицæн самал кодтой къалиутæ, сугтæ æмæ æртытæ бандзæрстой. Емельян йе ’мбæлттимæ баиу; уыдон дæр арт скод- той, æрбадтысты, систой къæбæр, нозт. Уæдмæ ска- сти хур дæр, сыгъдæг æмæ ирдæй. Æмæ схъæлдзæг сты. Зарынц, ныхæстæ кæнынц, хъуысынц хъазæн ны- хæстæ, худынц, алцæуыл дæр цин кæнынц, цинмæ æн- хъæлмæ кæсынц. Емельян йе '’мбæлттимæ анозта, та- мако сдымдта, æмæ ноджы тынгдæр схъæлдзæг. Иууылдæр уыдыеты арæзт. Фæлæ арæзт кусджытæ æмæ сæ устыты ’хсæнмæ-’хсæнтц фенæн уыди хъæзд- гуытæн æмæ къупецтæн дæр сæ устытæ ’мæ сæ сывæл- лæттимæ, сæмбæлæн сыл уыд адæмы астæу. Уæд Ринæ Голицына йе ’фсымæр Алекимаз æртыты æхсæн рацу- бацу кодта. Æхсызгон ын уыди йæ бæллиц йæ къухы кæй бафтыд, æмæ адæмы æхсæн кæй ис, уый, цин код- та адæм паддзах йæ бынаты кæй ис, уый кæй бæрæг кодтой, ууыл. — Бæрæгбоны арфæ уын кæнын, зæрдæхæлар æх- син, — хъæрæй загъта фабричы æрыгон кусæг, æмæ агуывзæ йæ дзыхмæ схаста. — Барвæсс нын нæ цæхх нæ кæрдзыныл. — Бузныг. — Хæлар дæхицæн, — фæкодта Алек, адæмы ’гъдæуттæ зоны, уымæй йæхицæй бузныг уæвгæйæ, æмæ дарддæр араст сты. Фыццаг бынæттæ ахсыныл ахуыр уæвгæйæ, адæмы астæуты ацыдысты быдыры. Размæ зын цæуæн сси (адæм дзы афтæ бирæ æрæмбырд, æмæ кæд ирд бон уыд, уæддæр сæ улæфынæй быдыры сæрмæ бæзджын мигъ æрбадт), æмæ се ’ргом павильонмæ сарæзтой. Фæлæ сæ уырдæм пъæлицæйæгтæ нæ бауагътой. — Тынг хорз. Дæ хорзæхæй, уырдæм та цом, — загъта Ринæ. Æмæ та фæстæмæ æрбаздæхтысты адæ- мы æхсæнмæ. 52
— Сайы,—загъта Емельян йе ’мбæлттимæ, зæх- хыл гæххæтты уæлæ сæ къæбæр, сæ нозты алыварс бадгæйæ, сæ зонгæ кусæг сæм куы ’рбацыд æмæ дæт- тынц, зæгъгæ, куы радзырдта, уæд. — Сайы... — Æз дын зæгъын. Закъонмæ гæсгæ нæу, фæлæ дæттынц. Мæхæдæг æй федтон. Фæцæйхаста иу тых- тон æмæ агуывзæ. — Артелыциктæ фæлитойтæ сты, уый чи нæ зоны! Уыдонæн та цы у... Кæмæн сæ фæнды, уымæн дæт- тынц. — Æмæ уый куыд. Закъоны ныхмæ афтæтæ гæ- нæн та куыд ис? — Гæнæн куыннæ ис, нæ кæсыс! — Цом-ма, лæппутæ. Цы сæм кæсæм. Сеппæт дæр сыстадысты. Емельян йæ арахъы авг бафонайдта, арахъ ма дзы чысыл аззад, афтæмæй, еемæ йе ’мбæлттимæ размæ ацыди. 20 къахдзæфы дæр нæма акодтаиккой, афтæ сæ уыйас тыхджын æрбалхъывтой, æмæ сын цæуын сзын ис. — Кæдæм бырыс? — Æмæ уæд ды та кæдæм бырыс? — Иунæг ды дæ, мийаг? — Æгъгъæд фæуæд. — Оу, мамæ, ныцъист мæ кодтой, — райхъуысти сылгоймаджы цъæхахст. Иннæрдыгæй хъуысти сывæл- лоны кæуын — Дæ тæккæ мадыл... — Цы кæныс? Æви дæу йеттæмæ никæйы хъæуы. — Иууылдæр сæ фæйнæрдæм аскъæфдзысты. Ба- гъæца, æз сæм бахæццæ уон. Хæйрæджытæ, дæ- лимонтæ! Уый уыд Емельяны хъæр. йæ домбай фæтæн уæх- счытæ цъæтты хуызæн ныттынг кæнгæйæ, рæмбып- къæдзтæ ныппака кодта йæ бон цас уыд, уыйас фæйнæ- рдæм ссыдта æмæ размæ бырсыныл йæ уд хъардта. Размæ цæмæн бырсы, уый зонгæ дæр нæ кодта, фæлæ иннæтæ дæр бырсынц, зæгъгæ, уыдонмæ гæсгæ стæй йæм афтæ касти, цьша йæ размæ æнæмæнг бабырсын хъæуы. Йæ фæстæ, йæ дыууæ фарсмæ дæр уыд адæм, æмæ йæм уыдон æнхъæлмæ кастысты. йæ разæй цы 53
адæм уыд, уыдон та змæлгæ дæр нал кодтой æмæ йæ размæ нæ уагътой. Адæм æнæрынцайгæйæ хъæр код- той æмæ кодтой, уынæргъыдысты, хъæрзыдысты, æмæ оххытæ сарæх сты. Емельян, фидар дæндæгтæ цæлхъивгæйæ æмæ æрф- гуытæ ныттар кæнгæйæ, хъыпп-сыпп нал кодта, фæлæ размæ тырныдта, йæ ныфс нæ фæкъаддæр уæвгæйæ, йæ тых нæ саст, раззæгты схуыстытæ кодта. Æмæ чы- сылгай, фæлæ уæддæр размæ цыди. Æвиппайды адæм сæнкъуысыдысты æмæ, уыцы æмхуызон адзой кæнгæйæ, ныххæррæтт ластой размæ æмæ фессæстой рахизы ’рдæм. Емельян уырдæм фæ- каст æмæ ауыдта, цыдæр кæй атахт иу хатт, аннæ хатт, æртыккаг хатт æмæ адæмы астæумæ кæй, æрхау- дьюты, уый. Цы уыд, уый нæ бамбæрста, фæлæ йæ фарсмæ чидæр ныхъæр кодта: — Æлгъыст дæлимонтæ, — адæмыл сæ зыввытт кæнын куыд байдыдтой! Æмæ лæвæрдты чысыл дзæкъултæ кæдæм тахты- сты, уыцырдыгæй хъуысти хъæртæ, кæлкæл, кæуын æмæ хъæрзын. Чидæр Емельянæн йæ фарс тыхджын сцавта. Уый иоджы тынгдæр смæсты æмæ ныттар. Йæ рисс нæма фенцад, афтæ та йын чидæр йæ къахыл фæ- лæууыд. Йæ палто, йæ ног палто цæуылдæр фæхæ- цыд æмæ æрфаринтæ. Р1æ зæрдæйы мидæг маст фев- зæрд, æмæ йæ тых-йæ бонæй раззæгтыл анцой кодта, размæ сæ асхуыста. Фæлæ, дын, æвиппайды æрцыд æнахуыр цыдæр. Цы, уый бамбарын йæ бон нæ баци. Уæд йæ развæндаг æхкæд уыд, адæмы фæсонты йеттæ- мæ дзы ницы уыдта, ныр та æваст фегоми æгасæй дæр. Лæвæрдтæ цы палаткæтæй хъуамæ уæрстаиккой, уыдон ауыдта. Æмæ бацин кодта. Фæлæ йæ цин иунæг минутæй фылдæр н’ахаста. Уымæн æмæ йæ разæй цы уыд, уый афтæ æваст уымæп федта, æмæ сеппæт дæр къанаумæ бахæццæ сты. Иæ разæй чидæриддæр уыд, уыдонæй чи лæугæйæ, чи та тулгæйæ, къанаумæ ныз- гъæлдысты. Емельян дæр хауы уырдæм, адæмыл. Емельян адæмыл хауы, йæхиуыл та иннæтæ хауынц, фæстæгтæ. Æмæ ам фæтарст æппæты фыццаг. Емель- ян ахауд. Уæле йыл æрхауд иу ус, гауызгонд кæлмæр- зæнджын. Емельян йæхи ауигъта æмæ йæ йе ’ккойæ 54
аппæрста, раздæхон ма бæргæ загъта, фæлæ йæ фæс- тейы æлхъывтой æмæ йæ хъару нал уыд. Уæд тындзын байдыдта размæ, фæлæ йæ къæхты бын уыди адæмæй фæлмæн. Иæ къæхтæм-иу ын фæлæбурдæуыди æмæ хъæр кодтой. Емельян уынгæ дæр ыицы кодта, хъусгæ дæр, æмæ адæмыл йæ цыды куыст кодта размæ. — Æфсымæртæ, айсут сахат, сьггъзæрин сахат. Æфсымæртæ, фервæзын мæ кæнут, — йæ фарсмæ хъæр кодта иу лæг. «Сахатмæ мæ ныр нал æвдæлы», ахъуыды кодта Емельян æмæ архайдта къанауæн иннæрдæм схизы- ныл. Емельяны зæрдæйы уыди дыууæ ’нкъарæны, уыимæ сæ дыууæ дæр утæхсæйнæгтæ: иу—тас дзы кæй ба- цьтд, йæ цардæн кæй старст, иннæ та — чи ссæлхæр, цъист æй чи кодта, уыцьт адæмæн сеппæтмæ дæр кæй омæсты, уый. Афтæмæй та æппæты фьтццаг йæ зæр- дæйы цы фæнд уыди, — ома, палаткæтæм бацæуын æмæ лæвæрдты дзæкъул райсын, йæ хуылфы æм- булаг билет, афтæмæй, уыцы фæнд æй ласта æмæ ла- ста размæ. Мæнæ зынынц палаткæтæ дæр. Палаткæтæм баф- тын кæмæн бантыст, уыцы артелыцикты хъæртæ дæр хъуысынц. Разæй цы адæмы къорд уыди, уый нынных- сти фæйнæгæй конд бацæуæны, хъуысти фæйнæджыты къæркъæр. Емельян йæхи ныттынг кодта. Ссæдз къахдзæфæй фылдæр æй нал хъуыд, афтæ, дын, йæ къахы бынæй уыдаид, кæнæ та хъуамæ йæ сагæхтæй, æвиппайды айхъуыста сывæллоны цъæхахстæй кæуын. Емельян йæ къæхты бынмæ фæкасти. Бæгъæмсар чысыл лæппу, окъуыдтæ хæдоны, уæлгоммæ хуыссыди æмæйын, цъæ- хахст кæнынæй не ’нцайгæйæ, лæбурдта йæ къæхтæм. Емельянæн æвиппайды йæ зæрдæ æрбауынгæг. Йæхи- цæн нал тарсти — тас адæлдзæх. Æрбайсæфт, адæммæ цы маст дардта, уый дæр. Тынг ын фæтæригъæд кодта лæппуйæн, йæ астæуыл фæхæцыди, фæлæ фæстæгтæ афтæ бырстой æмæ, чысыл-ма бахъæуа, ма ахауа. Лæппу йын феуæгъд, фæлæ та иу цæсты фæныкъуылд- мæ йæ хъару æрбамбырдгæнгæйæ, ногæй фелвæста æмæ йæ йе уæхокмæ сæппæрста. Адæм фæсте фыцца- 55
джы хуыз-æн нал æлхъывтой, æмæ Емельян лæппуйы ахаста. — Ардæм-ма йæ æри! — ныхъæр кодта, Емельяны хæд æмбуар чи уыд, уыцы бæхтæрæг. Бæхтæрæг лæп- пуйы райста æмæ йæ адæмы сæрмæ систа. — Згъоргæ адæмы сæртыл. Æмæ-иу Емельян фæстæмæ куы фæкаст, уæд-иу лæппуйы ауыдта. Лæппу, куы адæмы ’хсæн аныгъуыл- гæйæ, куы та сæ сæрмæ фæзынгæйæ, адæмы сæртыл æмæ уæхсчытыл цыди дарддæрæй-дарддæр. Емельян йæ цыды куыст кодта. Æдзæугæ дæр ын нал уьвди. Фæлæ ныр лæвæрдтæ йæ зæрды кæрон дæр нал уыдысты; палаткæтæм æй цæуьгн хъæуы, уый дæр дзы айрохи. Хъуыды кодта лæппуйыл, Яшæ цы фæци, ууыл, стæй къанауы саппыл цæугæйæ цы цъист адæмы федта, уыдоныл. Палаткæтæм куы бахæццæ, уæд рай- ста чысыл дзæкъул æмæ агуывзæ, фæлæ> сыл нал цин кодта. Адæм дзы кæрæдзи кæй нæ цъист кодтой, уый йын фыццаг фехсызгон. Улæфæн дæр дзы уыди æмæ цæуæн дæр. Фæлæ та уыцы цин дæр уайсахат айсæфт, ам цы федта, уымæй. Уынгæ та дзы фæкодта иу сыл- гоймаджы, йæ уаглæ дæргъытæ, скъуыдтæ къаба, йæ дзыккутæ пыхцыл, йæ къæхтыл та цæппузырджын ба- тинкæтæ. Сылтюймаг хуыссыд кæрдæгыл уæлгоммæ, йæ къæхтæ уæлæмæ ныхъил сты. Йæ иу къух лæууыди кæрдæгыл,, йе ’ниæ та, æнгуылдзтæ тыхт, афтæмæй, æвæрд уыд йæ риутæй дæлдæр. йæ цæсгом фæлурс нæ уыд, фæлæ фæлурс-цъæхбын, æрмæст мæрдтæн куыд вæййы, афтæ. Ацы усы мæлæтдзаг цъист ныккод- той æппæты разæй, стæй йæ ардæм раппæрстой, бы- руйы æттемæ, паддзахы павильоны размæ. Емельян æй куы федта, уæд йæ уæлхъус лæууыди дыууæ городовойы æмæ сæ пъæлицæйаг цыдæр кæнын кодта. Тæккæгъеуæд сæм бахæццæ бæхджын хъаза- хъæгтæ, хицау сын цыдæр загъта, æмæ сæхи ныццав- той Емельяныл æмæ ма йемæ уым чи лæууыд, уыдо- ныл, æмæ сæ фæстæмæ атардтой адæмы æхсæнмæ. Емельян та адæмы æхсæнмæ бахауди. Цъист кæнын та йæ байдыдтой, фыццагæй ноджы тынгдæр. Хъæр- тæ та, цъæхахст, сылгоймаджы æмæ сывæллæтты кæ- уын, адæмæй та иутæ ссæндынц иннæты, æмæ сын æиæ 56
ссæндгæ гæнæн дæр нæ уыди. Фæлæ ныр Емельян йæ~ хицæн нал тарсти, чн йæ цъист кодта, уыдонмæ дæр мæсты нал уыди. Æрмæст æй иунæг хъуыддаг фæн- дыд: ардыгæй ацæуын, аирвæзьгн, куыд сæ фæхицæн уа, йæ зæрдæйы цы фæзынд, уыдонмæ лыстæг æркæ- сын, тамако бадымын æмæ бануазын. Æмæ йæ фæнд сæххæст кодта: уæгъд ранмæ рахызти, тамако сдымд- та æмæ арахъ банызта. Алек æмæ Ринæйы хъуыддаг афтæ нæ рауади. Ни- цæмæ ’нхъæлмæ кæсгæйæ, дзыгуыртæ-дзыгуыртæ ба- дæг адæмы ’хсæнты, устытимæ æмæ сывæллæттимæ ныхас кæнгæйæ, цыдысты размæ, артелыциктæ закъон- мæ гæсгæ нæ уарьшц лæвæрдтæ, зæгъгæ, куы ай- хъуыст, уæд адæм, сæхи уыцы иу æппæрст акодтой палаткæты ’рдæм. Ринæйæн фæстæмæ фæкæсын дæр нæма бантыст, афтæмæй йæ Алекæй ассыдтой, æмæ йæ адæмы ивы- лæн йемæ кæдæмдæр ахаста. Æбуалгъ тас бацыд йæ зæрдæйы. Бæргæ архайдта йæхиуыл хæцыныл, фæлæ кæм уыдис йæ бон, æмæ-иу фæтæригъæд кæныны тых- хæй ныхъæр кодта, лæгъстæ кодта, фæлæ тæригъæд- гæнæг нæ уыд, æлхъывтой йæ тынгдæрæй-тынгдæр, скъуыдтой йын йæ къаба, йæ худ фæтахти кæдæм- дæр. Фидар æй нæ зыдта, фæлæ йæм афтæ фæкасти, цьша йын йæ сахат арæдывтой æд рæхыс. Ринæ тыхджын чызг уыд æмæ ма бафæрæстаид йæ къæхтыл лæууын, фæлæ йæ зæрдæйы тас уый бæрц æгæрон уыд, ахæм хъизæмар кодта, æмæ йæ бон улæфын дæр нал уыди. Бырæгътæй, æнцъылдтытæ æмæ æууæрстæй ма тых-амæлттæй лæууыд йæкъæхтыл. Фæлæ хъазахъ адæмыл сæхи куы ныццавтой атæрыны тыххæй, раст гъе уæд Ринæйæн йæ хъару асаст, æмæ йæ хъару куыддæр асаст, афтæ алæмæгъ æмæ йæ зæрдæ ба- хъарм. Зæххыл æрхауд æмæ бауадзыг. Чызг куы æрчъицыдта, уæд уæлгоммæ хуыссыди кæрдæгыл. Цавæрдæр лæг, мастеры хуызæн, чысыл зачъе йын, скъуыдтæ палто йыл, йæ цуры дзуццæджы бадт æмæ йын йæ цæсгомыл дон пырх кодта. Ринæ йæ цæстытæй куы ракаст, уæд лæг йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ ма йæ дзыхы цы дон баззад, уый ачъыртт кодта. Уый уыд Емельян. 57
— Кæм дæн ай? Ды чи дæ? — Ходынкæйы. Æз чи дæн. Адæймаг дæн æз. Мæн дæр аууæрстой. Фæлæ мæ хуызæттæ алцæмæн дæр фæразынц, — загъта Емельян. — Æмæ уæд ай та циу? — Ринæ бацамыдта йæ гуыбыныл цы æрхуы ’хца уыд, уымæ. — Уый та — адæм æнхъæл уыдысты амардтæ, зæгъгæ, æмæ баныгæнынæн. Æз та дæм æркæстытæ кодтон æмæ зæгъын: нæ, æгас ма у. Гъе уыæ дæ донæй пырх кæнын байдыдтон. Ринæ йæхимæ æркæстытæ кодта æмæ федта йæ да- рæс куыд бырæгътæ у, риу гом кæй у. Æмæ фефсæр- мы. Лæг æй фæфиппайдта æмæ йæ æрæмбæрзта. — Ницы кæны, чызг, цæрдзынæ. Ноджыдæр ма сæм адæм бацыди. Городовой дæр. Ринæ рабадт æмæ кæй чызг у, кæм цæры, уый загъта. Емельян та файтонмæ ацыди. Уæдмæ сыл æрæмбырд бирæ адæм. Емельян файтоны куы ’рбацыд, уæд Ринæ сыстади. Сбадынмæ йын феххуыс кæнынмæ хъавыды- сты, фæлæ йæхæдæг сбадт. Æрмæст йæ дзауматæ скъуыдтæ1 кæй уыдысты, уымæй æфсæрмы кодта. — Уæд де ’фсымæр та кæм и? — бафарста Рянæйы иу ус. — Нæ зонын. Нæ зонын, — катайгæнгæйæ фæкод- та Ринæ. (Ринæ сæхимæ æрбацæйцæугæйæ Алечы сæ- рæгасæй æрбаййæфта. Адæм куы схъопала сты, кæ- рæдзи ссæндын куы байдыдтой, уæд Алекæн адæмы ’хсæнæй раирвæзын йæ къухы бафтыд æмæ бынтон æнæ хъыгдардæй сæхимæ æ^баздæхти). — О, мæнæ м.æ ацы лæгфервæзын кодта, —дзырд- та Ринæ. — Уый куы нæ уыдаид, уæд чи зоны ’мæ цы фæцадаин. Дæ ном та куыд у? — бафарста Емельяны. — Мæнæй зæгъыс? Мæ ном куыд у? — Кънязы чызг у, кънязы чызг, — загъта йын иу ус, — хъ-æ-æ-здыг у. — Цом мемæ мæ фыдмæ. Уый дын раарфæ кæндзæн. Æмæ Емельянæн æвиппайды йæ зæрдæйы æнахуыр тыхджын цыдæр фæзынд, æмæ йæ нæ баивтаид дыууæ сæдæ мин сомы рамбулыныл дæр. 58
— Уый та цæмæн? Нæ, хорз чызг, фæндараст у. Уый та ма дзы цæмæн хъæуы? — Нæ, нæ. Мæ зæрдæ не ’рынцайдзæни. — Хæрзбон, æхсин, хуыцау дын хорз ракæнæд. Æр- мæст мын мæ палто демæ ма алас. Æмæ йæ мидбылты бахудти урсдæндаг цины худ- тæй. Уыцы бахудт-иу йæ царды тæккæ зыыдæр минут- ты йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ын-иу уыди стыр ныфсæвæрдау.
ÆРТÆ МАРДЫ I Уыди фæззæг. Стыр фæндагыл сæппæй фæцæйцы- дысты дыууæ экипажы. Раззаг къареты бадти дыууæ сылгоймаджы. Сæ иу уыди æхсин — къæсхуыр æмæ фæлурс. Иннæ та йæ лæккадгæнæг—сырхуадул æмæ йæ цармыдзаг сылгоймаг. Чи сивта йæ уыцы худыбы- нæй æттæмæ разындысты цыбыр дзыккутæ. Скъуыд æрмыкъухджын сырх къухæй сæ тагъдгомау æфснайд- та. Кæлмæрзæнæй æмбæрзт бæрзонд риуæй æнæниз улæфт кодта, цæрдæг сау цæстытæ-иу куы згъоргæ быдыртыл афæлгæсыдысты къареты рудзынгæй, куы- иу нæуæндонæй æмæ биноныг ныккастысты æхсинмæ, куы та сæ-иу тыхсгæйæ ахаста къареты къуымтыл. Йæ тæккæ фындзы хъæлы акомкоммæ хызыл ауыгъдæй дзедзыкка кодта æхоины худ, йæ хъæбысы хуыссыди чысыл къæбыла, йæ къæхтæ та бæрзонд æвæрд уыды- сты къареты бын цы къоппытæ уыди, уыдоныл, æмæ къареты цъæттæ гыбаргыбур æмæ рудзгуыты æвгтьт дзыгъалмыгъулимæ иумæ кодтой барабан хойæгау. Къухтæ йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ æмæ цæсты- тæ бацъынд кæнгæйæ, æхсин уызæгау кодта, йæ фæ- сонтæм æвæрд чи уыд, уыцы базтыл, æмæ зына-нæ- зына йæки оæнцъылдтæ кæнгæйæ, æмыр хуыфыд. йæ сæрыл уыди æхсæвхуыссæн худ, йæ буц фæлурс хъуыр та баст уыд арвхуыз сæрбæттæнæй, худы бынæй зын- дысты йæ лæгъз æмæ помадæйæ сæрст бур дзыккутæ, 60
дыууæ дихæй. Сæры цармы урсы уыди цыдæр хус æмæ мæрдонæнгас. Лæмæгъ æмæ иу цасдæр бурбын царм ын уæгъдæй æмбæрзта йæ цæсгомы лыстæг æмæ рæ- сугъд фæлгонц æмæ сырх дардта йæ уадултыл æмæ æхсæрфæрстыл. йæ былтæ уыдысты хус æмæ æнæн- цой. йæ цæстыхаутæ уыдысты стæм. Скæллад фæндаг- гон капот йæ мидæмæ хауд риуыл æнцъылдтытæй дæ- лæмæ æрзæбултæ; сылгоймагæн кæд йæ цæстытæ цъынд уыдысты, уæддæр йæ цæсгом æвдыста фæллад, маст æмæ кæуыл фæцахуыр вæййынц, ахæм хъизæмар- дзинад. Лакей, йæ бандоныл æрынцайгæйæ, рæдзæ-мæдзæ кодта бæхтæрæджы фарсмæ, уый та, цæрдæг хъæртæ кæнгæйæ, тардта хидæйдзаг стыр цыппар бæхы, æмæ- иу хаттæй-хатт фæстæмæ ракаст иннæ бæхтæрæгмæ, фæсте коляскæйы чи бадт, уымæ. Цæлхыты фæтæн фæд дыууæ тагæй ивæзти фæндаджы лæхъир цъыфы. Арв уыди фæныкхуыз æмæ уазал, уымæл сæлфынæг кодта быдыртыл æмæ фæндагыл. Къареты мидæг уыд æнуд æмæ дзы кодта одеколон æмæ рыджы тæф. Рын- чын йæ сæр фæстæрдæм акодта æмæ цæстытæ сындæг- гай байгом кодта. Йе стыр цæстытæ цæхæртæ калд- той, уæвгæ та уыдысты тынг рæсугъд тархуыз. — Ноджыдæр та, — загъта сылгоймаг, йæ рæсугъд къухæй лæккадгæнæг сылгоймаджы уæрæх палтойы фæдджи, йæ къахыл ын иу чысыл чи аныдзæвыд, уый уыцы тыхсгæйæ асхойгæйæ, æмæ йæ дзых фыр рис- сæй ныззылынтæ ис. Матрешæ йæ дыууæ къухæй фев- нæлдта, йæ палтойы фæдджийыл схæцыди, йæхиуыл схæцыд æмæ дарддæр абадт. йæ хæрзхуыз цæсгом сырх-сырхид афæлдæхти. Рынчыны тынг рæсугъд тар цæстытæ цыбæлæй кастысты лæккадгæнæджы алы фез- мæлдмæ дæр. Æхсин йæ дыууæцонджы бадæнмæ ныб- быцæу -кодта, бæрзонддæр сбадынмæ хъавгæйæ; фæлæ йæ бон нæ баци. йæ дзых та ныззылын, æмæ йæ цæс- гом æгасæй дæр æвдыста зынæрвæссондзинад. «Уæд та мын ды куы феххуыс кодтаис!.. Ох! нæ хъæуы! Мæ- нæн мæхи бон дæр бауыдзæн, æцæг мыл дæ цавæрдæр дзæкъултæ ма æвæр, дæ хорзæхæй!.. Фæлтау мæм æв- налгæ дæр ма кæн, кæд ахæм æнарæхст дæ, уæд!» Æхсин йæ цæстытæ бацъынд кодта, стæй та, уæл- 61
тъыфæлттæ цырд сисгæйæ, фæкаст Матрешæмæ. Мат- решæ дæр æм каст æмæ æхсыдта йæ бинаг сырх был. Рынчыны риуæй сирвæзт уæззау улæфт, фæлæ уыцы улæфт нæма фæци, афтæмæй йын асайдта хуыфынмæ. Рынчын иннæрдæм азылди, цæсгом сæнцъылдтытæ кодта æмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта йæ риумæ. Йæ хуыфынæй куы банцад, уæд та йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ та бадти фыццаджы хуызæн æнæзмæл- гæйæ. Къарет æмæ коляскæ хъæумæ бацыдысты. Мат- решæ кæлмæрзæны бынæй йæ цоыг радардта æмæ йæ- хиуыл дзуæрттæ бафтыдта. — Циу уый? — бафарста æхсин. — Станцæ, æхсин. — Дæхиуыл дзуæрттæ цæмæн æфтауыс, зæгъын? — Аргъуан, æхсин. Рынчын рудзынджы ’рдæм йе ’ргом аздæхта æмæ къарет стыр хъæдын аргъуаны æттæты куы æрцæй- зылд, уæд æм æдзынæг ныккаст æмæ йæхиуыл дзуæрт- тæ æфтауын байдыдта. Къарет æмæ коляскæ иумæ æрлæууыдысты стан- цæйы цур. Коляскæйæ рахызтысты рынчын усы лæг æмæ дохтыр æмæ къаретмæ бараст сты. — Куыд дæ? — бафарста дохтыр, сылгоймагæн йæ пульс скаргæйæ. — Гъы, куыд дæ, мæ хур, нæ бафæлладтæ? — францусагау æй бафарста йæ лæг, — Рахизын дæ нæ фæнды? Матрешæ, тыхтонтæ æфснæйдтытæ кæнгæйæ, сæ ныхас сын куыннæ бахъыгдара, уый тыххæй йæхи къуыммæ балхъывта. — Ницы, куыд уыд, афтæ, — дзуапп радта рынчын ус. — Нæ ахиздзынæн. Лæг ма иу чысыл алæууыди къареты цур, стæй ба- цыди станцæйы хæдзармæ. Матрешæ, къаретæй ра- гæпп кæнгæйæ, йæ къахфындзтыл кæрты дуарыл ба- згъордта цъыфы. — Æз рынчын дæн, зæгъгæ, уæд сымах та аходæн цæуылнæ хæрут, — зына-нæзына йæ мидбылты бахуд- гæйæ, загъта рынчын къареты рудзынджы раз лæууæг дохтырæн. «Адонæй мæ хъуыддаг никæйы ис, — йæхи нымæр 62
ма йæ ныхасыл афтыдта сылгоймаг, куыддæр дохтыр къаретæй ахицæн æмæ станцæйы асины къæхтыл сир- гæйæ сызгъордта, афтæ. — Уыдонæн хорз уæд, уыи йеттæмæ сын хъауджыдæр нæу! О! Me скæнæг хуы- цау!». — Гъы, Эдуард Иванович, куыд зæгъыс, — бафар- ста лæг, дохтырмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æмæ хъæлдзæг мидбыл худынимæ къухтæ кæрæдзийыл сæрфгæйæ, — хæринæгты чырын дæр рахæссут сын загътон, куыд дæм фæкæсдзæн? — Æмæ цы кæны, —дзуапп радта дохтыр. — Куыд уыдзæн не ’фсин? — ныуулæфгæйæ загъта лæг, йæ ныхас фæсабырдæр кæнгæйæ æмæ æрфгуытæ уæлæмæ сисгæйæ. — Уый размæ дæр куы дзырдтон, Италимæ нæг фæлæ хуыцау зæгъæд æмæ Мæскуымæ дæр ахæссæд. Уæлдайдæр та ахæм фæндагыл. — Уæдæ цы чындæуа! О, мæ хуыцауы хай! О, хуы- цау! — лæг йæ къухтæй йæ цæстытæ бамбæрзта. — Ардæм æй рахæсс, — загъта хæринæгты чырып цы лæг æрбацæйхаста, уымæн. — Цæуын уæ нæ хъуыд, — йе уæхсчытæ базмæ- лын кæнгæйæ, дзуапп радта дохтыр. — Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, мæ бон ын цы уыд? — йæ ныхасы ныхмæ йын сдзырдта лæг, — алцыппæтæн дæр архайдтон, кæд æй бауромин, зæгъгæ; нæфæрæз- ты тыххæй дæр ын дзырдтон, кæй хъуамæ ныууагъ- таиккам, уыцы сывæллæтты тыххæй дæр, мæ хъуыд- дæгты тыххæй дæр, æмæ æппындæр ницæмæ хъусы. Фæсарæны куыд цæрдзæн, уымæн, цыма, æнæниз адæй- маг у, уый фæндтæ кодта. Йæ уавæры тыххæй йын æргомæй зæгъын амарынæй уæлдай нæу. — Æнæ уый дæр мард у. Дæхæдæг æй зоныс, Ва- силий Дмитрич. Адæймагæн рæуджытæ куы нæ уа, уæд ын цæрæн нæй, рæуджытæн та дыккаг хатт æр- зайæн нæй. Хъыгаг у, стыр зын, фæлæ цы бачындæуа? Ам æз æмæ дæ бон ницыуал у. Амал æмæ гæнæл цас ис, уыйас хъуамæ æнцад уа. Ам сауджын хъæуы. — О, хуыцау! Йæ фæстаг фæндон ын йæ зæрдыл куы лæууын кæнон, уæд цы уавæры хъуамæ уон мæ- хæдæг, уый мын бамбар. Цыфæнды дæр уæд, уæддæр 63
ын æй æз нæ зæгъдзынæн. Куыд фæлмæн зæрдæ у, уый куы зоныс... — Уæддæр йемæ баныхас кæнын бафæлвар, зымæ- гон фæндагмæ банхъæлмæ кæсыныл æй сразы кæн, — загъта дохтыр йæ оæр банкъусгæйæ, — кæннод фæн- дагыл йæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн... — Аксюшæ, уæ, Аксюшæ! — хъæр кодта станцæгæ- сы чызг, йæ сæрыл цыбыр кофтæ æрæппаргæйæ, æмæ кæрты ’рдыгæй цы цъыфæйдзаг тыргъ уыд, уым йæ мидбынаты къæхтæй цъæпп-цъæпп кæнгæйæ. — Цом, Ширкинокæйæ ’хсины фенæм, йæ тарнизы тыххæи, дам, æй, фæсарæнмæ ласынц. Чехоткæйæ куыд вæййыпц, уый æз ни«уыма федтон. Аксюшæ къæсæрмæ рагæпп кодта, æмæ сæ дыууæ дæр, кæрæдзи къухтыл ныххæцгæйæ, кæрты дуарыл разгъордтой. Сæ цыд фæсабырдæр кæнгæйæ, къаре- ты цурты араст сты æмæ йæ авг дæлæмæ кæмæн уыд, уыцы рудзынгæй мидæмæ бакастысты. Рынчын сылгоймаг сæм йæ цæсгом разылдта, фæлæ сын сæ цымыдисдзинад куы ауьтдта, уæд йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ иннæ ’рдæм азылди. — О, мæ мады хай! — загъта станцæгæсы чызг, сæр фæстæмæ цырд фæзилгæйæ. — Цы диссаджы рæсугъд уыди, ныр та куыд у? Æбуæлгътæ. Федтай, федтай, Аксюшæ? — О, о! Цы къæсхуыр у, цы! —сразы Аксюшæ.— Цом та, цыма цъаймæ цæуæм, уыйау, фенæм та йæ. Кæсыс, йе ’ргом иннæ ’рдæм куыд аздæхта, æз æй ныр.ма нæма федтон. Цы тæригъæддаг у, Машæ! — Цы цъыф у! — дзуапп радта Машæ, æмæ сæ дыууæ дæр кæрты дуарыл фæстæмæ базгъордтой. «Æвæццæгæн æмæ æбуалгъы фыдуынд стæн, — хъуыды кодта рынчын. — Æрмæст тагъддæр, тагъддæр фæсарæнмæ, уым уайтагъд адзæбæх уыдзынæн». — Куыд дæ, мæ хур? — загъта йын йæ лæг, къа- ретмæ бацæугæйæ æмæ йæ комдзаг æууилгæйæ. «Æдзухдæр уыцы иу фарст, — ахъуыды кодта рын- чын, — йæхæдæг та хæргæ кæны!» — Ницы мын у,—дæндæгты ’хсæнты радзырдта рынчын. — Зоныс, мæ хур, ацы къæвдайы дын фæндагыл ■64
фыддæр куы уа, уымæй тæрсын, Эдуард Иваныч дæр афтæ зæгъы. Уæд та фæстæмæ раздæхæм, и? Ус мæсты каст кодта æмæ ницы дзырдта. — Рæстæджы хъæд фæхорз уыдзæн, чи зоны ’мæ фæндаг орæвдз уыдзæн æмæ дæуæн дæр фенцондæр уыдзæн; неппæтдæр иумæ уæд ацыдаиккам. — Бахатыр кæн. Æз дæм амæй размæ дæр куы нæ хъуыстаин, уæд афонмæ Берлины уыдаин æмæ бынтон æнæнрп уаин. — Цы гæнæн ис, мæ зæды хай, амал нæ уыди, зо- ныс æй. Ныр та, иу мæй куы баззаис, уæд тынг ба- рæвдз уыдаис, æз дæр мæ хъуыддæгтæ фæцадаин, æмæ сывæллæгты дæр немæ аластаиккам... — Сывæллæгтæ æнæ низ сты, æз та — нæ. — Бамбар æй, мæ хур, ахæм рæстæджы, фæндагыл куы фæуæззаудæр уай, мийаг, уæд хæдзары хуыздæр уæддæр у. — Æмæ хæдзары цы? Хæдзары амæлон? — соыт фæмæсты уæвгæйæ дзуапп радта рынчын. Фæлæ, амæ- лон, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд æвæццæгæн, фæтарст æмæ лæгъстæгæнæгау æмæ фæрсæгау бакаст йæ лæг- мæ. Уый та йæ сæр æруагъта дæлæмæ æмæ къуыр- майæ лæууыди йæ цуры. Рьшчыны дзых æвиппайды азылынтæ, сывæллоны дзых куыд азылынтæ уа, афтæ, æмæ йæ цæссыг æркалди. Лæг фындзы кæлмæрзæнæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ æнæ дзургæйæ къаре- тæй иу фарс ацыди. — Нæ, æз цæугæ кæнын, — загъта рынчын ус, цæ- стытæ арвмæ систа, къухтæ иу иннæйыл æрæвæрдта æмæ кæрæдзийыл баст чи нæ уыд, ахæм дзырдтæ су- су-бусу байдыдта... — Мæ хуыцау! Уæд цæй тых- хæй? — дзырдта ус, æмæ йæ цæссыг тыхджындæрæй мызти. Бирæ æмæ зæрдиагæй фæкуывта, фæлæ йæ риу фыццаджы хуызæн рысти æмæ йын улæфтнæфаг код- та; арв, быдыртæ æмæ фæндаг дæр уыдысты уыцы иухуызон æгъуыз æмæ асæст, фыццаджы хуызæн æрынцад фæндаджы цъыфы, уæлхæдзæрттыл, къаре- тыл дæр æмæ бæхтæрджыты кæрцытыл дæр, бæхтæр- джытæ та, кæрæдзиимæ тыхджын, хъæлдзæг хъæлæ- сæй ныхас кæнгæйæ, сæрстой æмæ фæндагмæ рæвдз кодтой къарет... 5 Л. II. Точстой. 65
II Къарет уыди цæттæ, фæлæ ма бæхтæрæг фæстиат кодта. Уый бацыди бæхтæрджыты уатмæ. Уым уыд æнтæф, æнуд, талынг æмæ уæззау, цæрæнуаты тæф кодта, цыди ног конд дзулы, къабускайы æмæ уæл- дзæртты тæф. Уаты уыди цалдæр бæхтæрæджы, хæ- ринаггæнæг сылгоймаг архайдта уырыссаг пецы цур, пецы сæр та уæлдзæртты хуыссыди рынчын лæг. — Хведор, о Хведор, — загъта æрыгон лæтшу-лæг, бæхтæрæг, йæ уæлæ уæрæх кæрц, схс та йæ роны тъыст, афтæмæй, уатмæ бахизгæйæ æмæ рьшчынмæ дзургæйæ. — Цы дæ хъæуы, къулбадæг, Федькæйы цæАмæн фæрсыс? — сдзырдта бæхтæрджытæй иу; — нæ уыныс, къаретьг дæумæ æнхъæлмæ кæсынц! — Цырыхъытæ дзы ракурон; мæхионтæ баихсыды- сты, — дзуапп радта лæппу, сæрыхъуынтæ уæлæмæ сæппарлæйæ æмæ фæстейы йæ роны сагъд æрмыкъух- тæ дзæбæхтæгæнгæйæ. — Æви фынæй у. Уæ, Хве- дор? — фæдзырдта та ноджыдæр, пецмæ бараст уæв- гæйæ. — Циу? — тыхæй райхъуысти лæмæгъ ныхас, æмæ бурхил мæллæг цæсгом æрзынди пецы сæрæй. Фæтæн, хæрз мæллæг æмæ фæлурс къух, хъуынтæй æмæхкæд, зæронд уæлæфтауæй æмбæрзта цыргъ мæллæг уæхск. Дон ма мын авæр, æфсымæр; цы кæныс? Лæппу йæм хъæзын къусы дон сдардта. — Федя, — загъта лæппу, куы иу къахыл æрын- цайгæйæ, куы иннæуыл, — хъуамæ дæ ныр дæ ног цы- рыхъытæ ницæмæнуал хъæуой: радт ма мын сæ; ды сæ, æвæццæгæн, даргæ дæр нæ кæндзынæ. Рынчьгн, йæ фæллад сæрæй æрттиваг хъæзын къу- сыл ныддæлгом уæвгæйæ, йæ тæнæг зæбул рихитæ тарбын доны тулгæйæ, лæмæгъ æмæ цыбæлæй нозта. Йæ хæмпæл зачъе сыгъдæг нæ уыди, цæстытæ бахау- дысты, нал æрттывтой æмæ зынæй бакаст лæппуйы цæсгоммæ. Донæй куы фæхицæн, уæд хуылыдз былтæ асæрфыны тыххæй йæ цонг сисынвæнд акодта, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ йæ ныббыцæу кодта уæлæфтауы дысмæ. Æнæдзургæйæ æмæ уæззау улæфыди фын- 66
дзæй, афтæмæй комкоммæ касти лæппуйы цæстытæм, йæхиуыл тыхæй хæцгæйæ. — Кæд сæ искæмæн зæрдæ бавæрдтай, мийаг, — загъта лæппу, — уæд хæрз дзæгъæлы. Хъуыддаг ууыл у. æмæ æттейы у цъыф, уымæл, мæн та кусынмæ цæ- уын хъæуы. Æмæ, зæгъын, цæй æмæ Федькæйæн йæ цырыхъытæ ракурон, уый, зæгъын, хъуамæ хъæугæ дæр нæ кæнынц. Кæд, мийаг, дæхи хъæуынц, уæд зæгъ... Рынчыны риуы цыдæр ракæл-бакæл æмæ хъуыр- хъуыр кæнын байдыДта; пецы сæрæй æргуыбыр кодта æмæ дæргъвæтин, æнæскъуынгæ хуыфæгæй хуыдьтг кæнын байдыдта. — Хъæугæ та йæ кæм кæнынц, — загъта æвиппай- ды мæстыйæ, хæринаггæнæг ус, æмæ æнæхъæн хæдзар дæр йæ хъæрæи байдзаг кодта, — дыккæгæм мæй пе- цæй дæлæмæ нæ хизы. Нæ кæсыс куыд хурхæй мæлы, куыддæр æй фехъусын, афтæ мæхи хуылф дæр риссын байдайы. Цæмæн ма хъæуынц цырыхъытæ дæр? Ног цырыхъыты йæ ныгæнгæ, мийаг, нæ кæндзысты. Афо-н та йын раджы уыди, хуыцаумæ мьгн тæригъæд ма фæ- кæсæд. Нæкæсыс куыд хурхæй мæлы. Науæд та й.æ æн- дæр агъуыстмæ ахастæуа æви цы! Ахæм рынчындæт- тæ, зæгъынц, горæты ис; кæннод уый цавæр хъуыддаг у, æнæхъæн къуым æрцахста, æмæ йын ацу æмæ ды исты зæгъ! Æппындæр дзы фезмæлæн нæй! Афтæмæй та сыгъдæгдзинадыл д01мынц... — Эй, Серегæ! Цæугæ, сбад, æлдæрттæ дæм æн- хъæлмæ кæсынц, — дуарæй æрбахъæр кодта посты старсстæ. Серегæ фæцæйцæуынмæ ахъавыди, дзуапп нæ райс- гæйæ, фæлæ йыи рынчын хуыфгæ-хуыфын цæстытæй амыдта, дзуапд раттын æй кæй фæнды, уый. — Цырыхъытæ ахæсс, Серегæ, — загъта, йæ хуы- фæг бауромгæйæ æмæ иу чысыл йæ фæллад суадз- гæйæ. — Æрмæст, хъусыс, дур мын-иу балхæн, куы амæлон, уæд, — хырхыргæнгæйæ бафтыдта йæ ны- хасыл. — Бузныг, Хведор, ахæсдзынæн сæ, уæдæ, дур дæр балхæыдзынæн, сомы дын кæнын. — Гъе, лæппутæ, фехъуыстат, — зæгъгæ ма рып- 67
чынæн йæ бон сдзурын баци, стæй та пецы сæрæй æр- гуыбыр кодта æмæ та тыхджын хуыфтæй хуыдуг кæ- нын байдыдта. — Хорз, фехъуыстам æй, — загъта бæхтæрджытæй иу. — Цæугæ, Серегæ, сбад, кæннод та уартæ старо- стæ æрбазгъоры. Зоныс, Ширкинскæйæ, æхоин, рын- чын у. Серегæ цырд феппæрста йæхи скъуыд æмææбуалгъ егъау цырыхъытæ æмæ сæ бандоны бынмæ базыввытт ласта. Федоры ног цырыхъыгæ йын разындысты куыд- дæриддæр хъуыди, раст афтæ,—йæ къæхты аккаг; æркæс-æркæс сæм кодта æмæ къаретмæ барасти. — Уыдон цырыхъытæ сты, гъе! Æри-ма æз дын сæ айсæрдон,—загъта, йæ къухы сæрдæн кæмæы уыд, уыцы бæхтæрæг, куыддæр Серегæ йæ бынатмæ схызт æмæ бозитæ иста, афтæ. — Лæвар дын сæ радта? — ХæлæГ кæныс æви? — дзуапп радта Серегæ, йæ бынатæй стгæйæ æмæ йæ уæлæфтауы фæдджитæ нæ къæхты алыварс дзæбæхтæ кæнгæйæ. — Афтæ фод! Ей, хайуантæ! — ахъæр кодта бæхтыл æмæ сæм ехсæй февзыста. Афтæмæй къарет æмæ коляскæ, цы адæм дзы бадт, уыдонимæ, чемодантимæ æмæ бæстыгимæ, фæззыгон фæныкхуыз мигъы ныгъуылгæйæ, цырд атылдысты хуылыдз фæндагыл. Рынчыы бæхтæрæг баззад æнуд хæдзары, пецы сæр, æмæ, йæ хуыфт нæма фæци, афтæмæй тыхтæ амæлттæй иннæ фарсмæ азылд æмæ ныхъуси. Бон изæрмæ адæм дыууæрдæм кодтой, куы-иу æр- бацыдысты мидæмæ, хæдзармæ, куы цыдысты æттæмæ, куы та хордтой сихор, фæлæ рынчынæн йæ хъæр — æмæ йæ цъист дæр нал цыди. Æхсæвы размæ хæри- наггæнæг сылгоймаг пецмæ схызт æмæ йын йæ къæх- ты сæрты уæрæх кæрц райста. — Ды мæм мæсты ма кæн, Настасья, — сдзырдта рынчын, — рæхджы дын суæгъд кæндзынæн дæ къуым. — Хорз, хорз, цавæр у, ницы кæны, — схъуыр- хъуыр кодта Настасья. — Рисгæ дæ цы кæны, рисгæ, Федор? Зæгъ æй. — Мæ хуылфæй сфæлмæцыдтæн. Хуыцау зоны. цы у. 68.
— Æвæццæгæп дæ хъуыр дæр фæриссы, хуыфгæ куы фæкæныс, уæд? — Алы ран дæр риссы. Мæ мæлæг æрхæццæ — аан- дæр цы. Ох, ох, ох! — иыхъæрзыди рынчын. — Дæ къæхтæ æмбæрзгæ уæд та æркæн, мæнæ аф- тæ,—за-гъта Настасья, цæугæ-цæуын ыл йæ уæлæф- тау æмбæрзгæйæ æмæ пецæй дæлæмæ хизгæйæ. Уыцы ’хсæв хæдзары дыдзы рухс кодта алагæнаг цырагъ. Настасья æмæ бæхтæрджытæ иу дæсæй, хуыр- хуыргæнгæйæ, хуыссыдысты зæххыл æмæ даргъ бан- дæттыл. Æрмæст пецы сæр Федор лæмæгъ хъæрзыди, хуыфыд æмæ рафт-бафт кодта. Боны ’рдæм бынтон- дæр ныссабыри. — Ацы ’хсæв æнахуыр диссæгтæ уыдтон мæ фы- иы, — дзырдта хæринаггæнæг ус райсам сæумæцъæ- хæй, талынг ма уыд, афтæмæй куы райхъал æмæ йæхи куы ивæзта, уæд. — Кæсын, цыма, дын, Хведор пецæн æрхызт æмæ ацыди суг сæттынмæ. Æри, зæгъы, На- стя, аххуыс дын кæнон. Æз та йын — цæй сугтæ сæт- гыны бон дæ ис, зæгъын. Уый, дын фæрæтмæ уыцы- иу лæбурд фæкодта æмæ суг сæгтынмæ февнæлдта, уыимæ афтæ тагъд-тагъд саста, æмæ се ’схъистæ алы ’рдæмыты тахтысты. Уый куыд у, зæгъын, рынчын куы уыдтæ. Нæ, зæгъы, æнæниз дæы. Æмæ мæм фæрæтæй куы февзыста, уæд фæтарстæн. Ныхъæр кодтон, æмæ фехъал дæн. — Ма амæлæд, æцæг? Хведор, о, Хведор! Федор дзуапп нæ лæвæрдта. — Кæд, æцæг, амарди мийаг? Фенын æй хъæуы, — загъта бæхтæрджытæй иу. Пецæй æрзæбул мæллæг, бур хилтæй æмбæрзт цонг, уый уыди уазал æмæ фæлурс. — Цон, стапцæгæсæн фехъусын кæнын хъæуы, æн- хъæлдæн амарди,—загъта бæхтæрæг. Федорæн хæстæджытæ нæ уыди — дардæй æрбафт- гæ лæг уыди. Дыккаг бон æй баныгæдтой ног уæл- мæрдты, къохы фале, æмæ Настасья цалдæр боны дæргъы алкæмæн дæр дзырдта цы фын федта, уый дæр, стæй æппæты фыццаг Федоры мард кæй базыд- та, уый дæр. 69
Ill Æрцыди уалдзæг. Горæты уымæл уынгты фаджыс- джын ихы къæрттыты ’хсæнты хæлхæл кæнын байдыд- той цæрдæг саха-дæттæ; дарæсы хуыз æмæ цæуæг адæмы ныхасы мырты уынæр уыди ирд. Быруты ми- дæгæй чысыл дыргъдæтты тыппыр кæнын байдыдтой бæлæсты къуыбæрттæ, сæ къалиутæ та сын зына-нæ- зына змæлын кодта рог дымгæ. Алы ран дæр калды- сты æмæ тагъдысты рæсуг æртæхтæ... Сырддонцъиутæ æдзæлгъæд чъырчъыр кодтой æмæ-иу сæ чысыл базыр тæй спæрпæр кодтой. Хурварсы бырутыл, хæдзæрттыл æмæ бæлæстыл алцыдæр змæлыд æмæ æрттывта. Хъæлдзæг, æрыгон уыди арвы дæр, зæххыл дæр, адæймаджы зæрдæйы дæр. Сæйрагдæр уынгтæн сæ иуы, æлдары стыр хæдза- ры размæ æрытыдтой сыгъдæг хъæмп; хæдзары та уы- ди, фæсарæнмæ чи тагъд-тагъд кодта, уыцы уæззау рынчын сылгоймаг. Ссыд дуары цур лæууыдысты рынчыны лæг æмæ иу ацæргæ сылгоймаг. Диваныл бадти сауджын, цæстытæ дæлæмæ ’руадзгæйæ, йæ къухы та епитрахилы тыхт цыдæр. Къуымы, вольтераг къæлæтджын бандоны æркъул кодта рынчьшы мад æмæ зæрдæхалæп куыд кодта. йæ фарсмæ лæууыд лæккадгæнæг сылгоймаг. йæ къухы — сыгъдæг фындзы кæлмæрзæн, зæронд ус æй кæд бацагурдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ; иннæ куоæг сылгоймаг цæмæйдæр сæрфта зæронд усы къæ- мисæнтæ æмæ йын йæ худы бынмæ йæ урс дзыккутыл фу кодта. — Цæй, дæ хорзæхæй, мæ хæлар,—дзырдта лæг, йемæ дуары цур цы ацæргæ ус лæууыд, уымæн, —уый дыл тыыг æууæнды, йемæ афтæ хорз дзурын зоныс, æмæ йæ сразы кæн, мæ зæрдæдарæны, дæ хорзæхæн, цæугæ. — Дуар ын байгом кæна, зæгъгæ, раст æй уæд йæ кузинæ фæурæдта, кæлмæрзæн цалдæр хатты цæ- стытыл авæрдта æмæ йæ сæр атылдта. — Ныр, æнхъæлдæн, кæугæ кодтон, уый нал зы- ны, — загъта æмæ, дуар байгом кæнгæйæ, мидæмæ барасти. Рынчыны лæг тынг тыхст уыди æмæ цыма бынтон- 70
дæр сдзæгъæл, афтæ зынд. Исдугмæ зæронд усмæ ба- уайынвæнд акодта; фæлæ йæм цалдæр къахдзæфы нæ бахæццæ, афтæмæй фæстæмæ фæзылд, уатыл араст æмæ сауджыны цур æрлæууыди. Сауджын æм бакаст, цæстытæ арвмæ систа æмæ ныуулæфыд. Йæ бæзджын халас зачъе базмæлыд. — О, мæ хуыцау! О, мæ хуыцау! — загъта рынчы- ны лæг. — Цы бачындæуа? — ныуулæфгæйæ загыа сау- джын, æмæ та йе ’рфгуытæ ’мæ йæ зачъе базмæлы- дысты. — йæ мад дæр ам ис! —тынг тыхстæй сдзырдта лæг. — Уыцы уæззаудзинадæн нæ бафæраздзæн. Уый йæ куыд уарзы, уый йæ куыд уарзьт... нæ зонын. Уæд та йын ды куы зæгъис, мæ фыдыхай, куы бафæлварис йе сразы кæныныл — цæмæй ардыгæй ацæуа, ууыл. Сауджын сыстад æмæ зæронд усмæ бараст. — Афтæ, афтæ, мады зæрдæйæн фаг аргъ скæнын ничи базондзæн, — загъта сауджын, — фæлæ хуыцау тæригъæдгæнаг у. Зæронд усы цæсгом æваст стъæлфынтæ байдыдта, æмæ йын йæ фыртыхстæй хæкъуырццæг бацайдагъ. ■— Хуыцау тæригъæдгæнаг у, — сауджын йæ ныхас кодта дарддæр. — Æз дын зæгъдзынæн: мæ приходы иу рынчын уыд, æмæ Мария Дмитревнæйæ бирæ фыддæр. Æмæ цы зæгъай: иу хуымæтæджы лæг æй цыбыр рæстæгмæ кæрдæджытæй сдзæбæх кодта. Уыцы лæг ма йæхæдæг ныртæккæ дæр Мæскуыйы ис. Æз дзырдтон Василий Дмитревичæн — бафæлварын æй хъæуы. Æппын фæстаг рынчынæн йæхицæн бирæ æп- цондæр уыдаид. Хуыцауы боп алцы дæр у. — Нæ, уымæн нал ис фæцæрæн, — сдзырдта зæ- ронд ус, — мæн айсыны бæсты хуыцау уый исы. — Уæд йæ тыхсты хæкъуырццæг афтæ стыхджын, æмæ йæ зæрдæ бахъарми. Рынчыны лæг йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ уатæй разгъордта. Къæлидоры æппæты фыццаг кæуыл амбæлд, уый уыди æхсæзаздзыд лæппу, йæ тых-йæ бонæй йæ кæс- дæры, чысыл чызджы, чи сырдта, уый. 71
— Сывæллæттæн сæ мады размæ бакæнæн ис? — бафарста ияня. — Нæ, сæ фенын æй пæ фæнды. Стыхсдзæн. Лæппу иу чысыл фæлæууыд, йæ фыды цæсгоммæ лыстæг скасти, стæй фæчъыллипп кодта æмæ, хъæл- дзæг хъæртæ кæнгæйæ, азгъордта дарддæр. — Папæ, уый та цыма сау бæх у, уыйау! — йæ фыдмæ ныхъæр кодта чысыл лæппу, йæ хомæ амон- гæйæ. Кузинæ та раст гъе уæд иннæ уаты бадти рынчын усы фаромæ, æмæ рынчынæн æнæ амæлгæ кæй нæй, уыцы хъуыдыйыл фæцахуыр уа, зæгъгæ, йемæ кодтл аразгæ ныхас. Иннæ рудзынджы цур та лæууыди дох- тыр æмæ змæста цавæрдæр нуазгæ хос. Рынчыныл уыди урс капот, йæ алырдыгæй баз- тæ, афтæмæй сынтæджы бадт æмæ æнæдзургæйæ каст йæ кузинæмæ. — Ох, мæ хæлар, — загъта рынчын, æвиппайды йын й-æ ныхас фæурæдта, афтæмæй, — цæттæ мæ ма кæн. Сывæллон, мийаг, мæ ма хон. Æз чырыетонсыл- гоймаг дæн. Алцы дæр зонын. Бирæ нал фæцæрдзы- нæн, зонын æй. Фæлæ мæм мæ лæг раздæр куы бай- хъуыстаид, уæд Италийы уыдаин, æмæ, хъуамæ, æнæниздæр ма суыдаин бæлвырд, гъе уый дæр зо- нын. Уыдæттæ йын иууылдæр дзырдтой. Фæлæ цы чын- дæуа, æвæццæгæн æмæ хуыцауы афтæ фæндыд. Max иеппæт дæр тæригъæдджын бирæ цæмæйдæрты стæм, зонын æй. Фæлæ мæ зæрдæ дарыи хуыцауы хорзæ- хыл, — сеппæтæн дæр хатыргонд æрцæудзысты, хъуамæ, сеппæтæн дæр хатыргонд æрцæудзысты... Фæлгъауын мæхи бамбарыныл. Мæнмæ дæр бирæ тæ- ригъæдтæ ис, мæ хур. Фæлæ уый бæрц та цас фæхъи- зæмар кодтон, цас! Мæ хъизæмардзинæдтæ хæссын куыд! фæразон, ууыл хъардтон мæхи... — Уæдæ сауджынмæ бадзурон, мæ хур! Дæхи куы бафæдзæхсай, уæд дын æнцондæр уыдзæн, — загъта кузинæ. Рынчын йæ сæр æркъул кодта, ома, разы дæн, зæгъгæ. — Хуыцау! Бахатыр мын кæн, тæригъæдджы- нæн, — сабырæй загъта рынчын. 72
Кузинæ уатæй рацыд æмæ сауджынæп цæстытæй ацамыдта. — Уый зæд у, зæд! — загъта рыичыны лæгæн, йæ цæстытæ доны разилгæйæ. Лæг скуыдта, сауджын дуа- рыл мидæмæ бахызти, зазронд ус та ма уадзыгæй лæу- уыд, æмæ фыццаг уат бынтондæр ныссабыр. Иу фондз минуты фаастæ сауджын дуарыл рахызт æмæ, епитра- хиль сисгæйæ, йæ сæрыхъуынтæ дзæбæхтæ кодта. Кузинæ æмæ лæг рацыдысты. Рынчып сабырæй куыдта, дзуары нывмæ кæсгæйæ. — Арфæ дын кæнын, мæ хур,—загъта йын йæ лæг. — Арфæгонд у! Куыд æнцон мын у ныр, куыд æнахуыр диосаджы адджындзинад мыл æртыхсти, — дзырдта рынчын,— æмæ йæ тæнæг былтыл рахъазыди рог мидбылты бахудт. — Куыд хæрзаудæг у хуыцау! Æцæг, куыд хæрзаудæг у?—Æмæ та цæссыгæйдзаг цæстытæй ноджыдæр тæригъæддаг лæгъстæимæ дзуа- ры нывмæ кæсьгн байдыдта. Стæй цыма æваст йæ зæрдыл цыдæр æрбалæууы- ди, уыйау, йæ лæгмæ фæдзырдта, сæрæй ацамонгæйæ. — Æз дæ цы фæкурын, уый мын никуы баххæст кæныс, — загъта йын лæмæгъ æмæ æнæразыйæ. Лæг æм, йæ къубал баивазгæйæ коммæгæсæй хъуыста. — Цы, мæ хур? — Цал æмæ дын цал хатты дзырдтон, ацы дох- тыртæ ницы ’мбарыыц, зæгъгæ... Хуымæтæджы хосгæн- джытæ He... уыдон сдзæбæх кæнынц... Мæнæ сауджын дæр иу ахæм лæджы кой кодта... Арвит æм. — Кæмæ, мæ хур? — О, хуыцау! Бамбарын дæр æй ницы фæнды!..— æмæ рьшчын йæхи сæнцъылдтæ кодта, цæстытæ æр- цъынд сты. Дохтыр æм хæстæг бацыд æмæ йьш йæ къух рай- ста. Пульс цавта куыд фæстæмæ бæрæг лæмæгъдæр. Цæстæй аца!мыдта рынчыны лæгæн. Рынчын уыцы фезмæлд ауыдта æмæ тарст хуызæй фæкасти. Кузинæ иннæрдæм азылд æмæ окуыдта. — Ма ку, дæхи дæр æмæ мæн дæр утхарæй ма 73
мар,—дзырдта рынчын,— уый мын мæ фæстаг са- бырдзинад фæсурдзæн. — Ды зæд дæ! — йæ къухæн ын ба кæнгæйæ, загъ- та кузинæ. — Нæ, ам мын аба каан, æрмæст мæрдтæн ба кæ- нынц сæ къухтæн. О, мæ хуыцау! О, мæ хуыцау! Рынчын тæккæ уыцы изæр амарди, æмæ чырыны мидæг лæууыди стыр хæдзары залы. Стыр уаты, йæ дордтæ æхкæд, афтæмæй бадт иунæг диакъон æмæ йæ фындзы бын уыцы иухуызон хъæлæсæй касти Дави- ды зарджытæ. Бæрзонд æвзист цырагъдарæнты мыда- дзын цырæгътæ ирд сыгъдысты. Сæ рухс хауд мард усы фæлурс ныхмæ, йæ уæззау мыдадзæнгæс къухтæм æмæ йæ уæрджытыл, стæй къæхты фындзтыл уæлæмæ æвирхъау тынг чи фæцыд, уыцы æмбæрзæнты дур- дзавд æнцъылдтытæм. Диакъон, цы дзуры, уыдон йæ- хæдæг дæр не ’мбаргæ уæвгæйæ, барстæй каст æмæ каст, æмæ сабыр уаты мидæг йæ дзырдтæ хъуыстысты æмæ-иу æнахуыр куыддæр æрмынæг сты. Хаттæй-хатт- иу дарддæр уатæй æрбайхъуысти сывæллæтты иыхæ- стæ æмæ уынæр. «Дæ цæсгом бамбæхсай, æмæ ныкъæмдзæстыг вæййынц, — амыдта псалтырь, — сæ уд сын айсай, — мæлгæ акæнынц æмæ та зæхх фестынц. Дæ уд арви- тай — сырæзынц æмæ зæххы цæсгом сног кæнынц. Хуыцауæн мыккагмæ кад уæд». Мард сылгоймаджы цæсгом уыди карз, сабыр æмæ цæсты ахадгæ. Йæ сыгъдæг уазал ныхыл д<æр, йæ фи- дар æхкæд былтыл дæр змæлгæ ницы кодта æппын. Ус æппæтæй дæр уыд æнцад, цыма истæмæ хъуыста, уый- ау. Фæлæ цымæ ныр æмбæрстаид уыцы стыр ны- хæстæ? IV Мæйы фæстæ усы ингæныл фæзынди дурæй амад чысыл аргъуангонд. Фæлæ ма бæхтæрæджы ингæныл дур дæр нæма уыд; адæймаг кæй цард, уымæн йæ иу- нæг нысан чи ’вдыста, æрмæст гъе уыцы ингæныл æр- зади фæлурсбын кæрдæг. — Тæригъæд дын уыдзæн, Серегæ, — загъта йын 74
иу хатт станцæйы хæринаггæнæг сылгоймаг, — Хведо- рæн дур куы нæ балхæнай, уæд. «Зымæг у, зымæг у», куы кодтай, уæд дæ ныр иу ныхас дæр куы иал хауы? Уæвгæ та мæ цуры куы уыди. Иу хатт дæм куы ’рба- цыди курынмæ; нæ йын балхæндзынæ, æмæ та дæм дьгккаг хатт дæр æрбацæудзæн, дæ хурхыл дын ба- хæцдзæн. — Æмæ, мийаг, исты зæгъын,—дзуапп радта Се- регæ, — дур балхæндзынæн, куыд загътон афтæ, бал- хæндзынæн, сом æмæ æрдæджы аргъ дæр балхæндзы- нæн. Рох мæ нæу, фæлæ йæ æрбаласын хъæуы. Горæт- мæ куыддæр афтон, афтæ йæ балхæндзынæн. — Цырт ыл уæддæр сæвæрдтаис, — загъта зæронд бæхтæрæг, — кæннод æцæг æвзæр у. йæ цьгрыхъытæ йын куы дарыс. — Æмæ йæ кæм ссардзынæ, цырт та? Суджы лык- кагæй й,æ нæ самайдзынæ. — Цы загъдæуа? Суджы лыккагæй йæ нæ самай- дзынæ, фæлæ фæрæт демæ айс æмæ райсомæй раджы бауай хъæды къохмæ, гъемæ уым самайдзынæ. Кæрз бæлас исты акалдзынæ. Æмæ дын уый — цырт. Кæн- нод та дæ хъæдгæсæн арахъ дарын хъæудзæн. Алы ницæййаджы тыххæй арахъ дарæн дæр кæм ис! Æз æрæджы даргъ хъил асастан, хъæды ракодтон æн- дæр — тынг хорз хъил, æмæ мын ныхас дæр ничи загъта. Райсом раджы, сæумæцъæхæй, Серегæ фæрæт рай- ста æмæ къохмæ арасти. Алы ран дæр ма уыди уазал æртæх, хур кæмæ нæ- ма ’ркаст, ахæм. Хурæскæсæн сындæггай-сындæггай бæрæгдæр кæнын райдыдта, йæ лæмæгъ рухс зынди, <арвы къуырф чи бамбæрзта, уыцы тæнæг æврæгътыл. Иу кæрдæджы хал дæр бынæй, иунæг сыфтæр бæласы уæллаг къабазыл дæр нæма змæлди. Æрмæст-иу хат- тæй-хатт хъæды тарфæй райхъуысти маргъы базырты уынæр, кæнæ та цавæрдæр сыбарсыбур зæххыл. Хъæ- ды сабырдзинад æндæр ницæмæй хæлди. Æваст, дын, æрдзæн æцæгæлон чи у, ахæм æнахуыр хъæр фæцыд æмæ ныссабыри хъæды кæрон. Фæлæ та хъæр фе- хъуысти дыккаг хатт æмæ ногæй æмæ ногæй хъуысын байдыдта иу æнцадлæууæг бæласы бынæй. Бæласы 75
цъуппытæй иу батыбар-тыбур кодта æнахуыр, йæ дон- джын сыфтæртæ цыдæр сыбарсыбур кодтой æмæ чъырттым, къалиутæн сæ иуыл чи бадт, уый æхситт- гæнгæ дыууæ хатты апæррæст кодта иу ранæй иннæ ранмæ æмæ, йæ къæдзил фелвас-фелвас кæнгæйæ, ин- нæ бæласыл абадти. Фæрæт бынæй, бæласы зæнджы цур, хъæр кодта æмырдæрæй-æмырдæр, урс-урсид уымæл æхсныфтæ тахгысты æртæхджын кæрдæгмæ, æмæ фæрæты цæф- ты фæстейæ райхъуысти рог къæрцц. Бæласы буар æппæтæй дæр фестъæлфти, акъул æмæ цырд орасти фæстæмæ, йæ уидагыл тарстхуызæй дзойтæ кæнгæйæ. Иу уысм хъæд ныссабыри, фæлæ та бæлас акъæдз, йæ зæнгæй та къæрцц фехъуысти, стæй къалиутæ сæттгæйæ, æмæ йæ цæнгтæ дæлæмæ æруадзгæйæ; æр- хаудта уымæл зæххыл. Фæрæты æмæ къахдзæфты уы- нæр ныссабыр сты. Чъырттым сæхсидт кодта æмæ бæрзонддæр стахти. Й-æ базыртæй цы къалиуыл бан- дзæвыд, уый иу цасдæр рæстæг азмæлыди, стæй иннæ- ты хуызæн йæ сыфтæ æппæтимæ, ныссабыри. Бæлæстæ уыцы ног парахат раны се ’нæзмæлгæ къалиутимæ ра- зындысты ноджы рæсугъддæрæй. Хуры фыццаг тынтæ, тæнæг æврæгътыл хизгæйæ, ([зерттывтой арвыл, стæй азгъордтой зæххыл. Мигъ уы- лæнтæй цьтди къуырфыты, æртæх, цæхæртæ калгæйæ, хъазын байдыдта кæрдæгыл. Тæнæг, чи афæлурс, уы- цы æврæгътæ, тагъд-тагъд кæыгæйæ, цъæхгæнгæ арвы къуырфыл алырдæм згъорынтæ байдыдтой. Мæргъты хъæлæба цыди хъæды тарфæй. Цыма цыдæр ссардтой, уыйау цъыбар-цъыбур кодтой. Сойджын сыфтæртæ бæ- лæсты цъуппытыл хъæлдзæгæй æмæ сабырæй сыбар- сыбур кодтой æмæ цардæгас бæлæсты къалиутæ сæ- рыстырæй змæлыдысты мард æмпылд бæласы сæрмæ.
БИРÆ ХЪÆУЫ, ЦЫМÆ, АДÆЙМАДЖЫ ЗÆХХ? I Иухатт горæгæй хъæумæ хисдæр хо æрцыди йæ кæсдæр хомæ. Хиодæр уыди къупецы ус æмæ царди горæты, кæсдæр та уыди зæхкусæджы ус æмæ царди хъæуы. Дыууæ хойы цай куы цымдтой, уæд сын ныхас бацайдагъ. Хисдæр хо йæхи бæрзонддæр æвæрдта æмæ байдыдта йæ цардæй æппæлын. — Махмæ, горæты, алцы дæр ис, цæрæм сыгъдæг, нæ сывæлл-æттæ — хорз арæзт, нæ хæринаг æмæ нæ пуазинаг хæрзад, алы хъæлдзæгдзинад — нæ къухы: куы дæ бафæнда, уæд дæхи аирхæфс, файтоны абад æмæ та театрмæ ацу. Кæсдæр хомæ хардзау æркасти æмæ фауын бай- дыдта къупецаг цард, зæхкусæджы цард та уæлдæр иста. Уый дзырдта: — Мæ цард ницæй тыххæй баивдзы- нæн дæ цардыл. Max кæд хуымæтæджы цард кæнæм, уæддæр нæ тас ницæмæй ис. Сымах та кæд сыгъдæг- дæр цæрут, уæддæр алы бон тасы бынаты стут,—уæ базайрагæй кæнæ бирæ фæпайда кæндзыстут, кæнæ бынтон фæзиан уыдзыстут. Уый тыххæй ахæм æмби- сонд баззади: «базаргæнæгæн йæ ахсджиагдæр æфсы- мæр — йæ æфтиаг». Афтæ дæр рауайы: абон—хъæз- дыг, райсом та фыдмæгуыр, искæй дуармæ зад. Max зæхкусджыты цард та бындурон у. Зæхкусæджы гуы- бын фæразон у, хъæздьиг н«æ уыдзыстæм, фæл-æ нын стонгæй дæр тас нæу. 77
Х-исдæр хо та йын райдыдта дзурын: — Кæд æфсæдгæ бакæнут, уæддæр хуытимæ æмæ родтим-æ. Нæ уæм æфснайддзинад ис, нæ ’гъдау! Цы- фæнды куыст куы кæна дæ сæры хицау, уæддæр фа- джысимæ архайгæйæ куьгд цæрут, афтæ амæлдзыстут, æмæ уæ цот дæр уæхи хуызæн уыдзысты. — Æмæ цы? — зæгъы кæсдæр хо, — махæн æндæр фадат нæй. Фæлæ нæ цард фидар у, лæгъстæйаг никæ- мæн стæм, никæмæй тæрсæм. Сымах та уæ цард æрви- тут горæты, тæрсгæ æмæ ризгæйæ. Абон — хорз, рай- сом кæс æмæ хæйрæг дæ быны фæмидæг уыдзæн, дæ сæры хицауы дын фæсайдзæн, йе — къамтæй, йе — нуæзтæй, йе — цавæрдæр рæсугъд æхсинæй æмæ дæ цард рыгау æрбайсæфдзæн. Афтæ дæр рауайы. Пахом, кæсдæр хойы мой, пецы сæр хуыссыди æмæ уырдыгæй хъуыста, дыууæ хойы куыд дзæнгæда цагъ- той, уымæ, æмæ загъта: — Уый иттæг раст у, мах чысылæй фæстæмæзмæн- тæм нæ дарæг зæхх æмæ н,æ зæрдæ æндæр- ничердæм æхсайы, нæ» мæт ма æрмæст уый у, æм-æ нæм зæхх гыццыл кæй ис. Фæлæ нæм зæхх фаг куы уаид, уæд æз хæйрæгæн йæхицæй дæр ницæмæй фæтæрсин! Цай цымд фесты дыууæ хойы, дарæсты тыххæй дæр~ ма аныхас кодтой, тæбæгътæ бафснайдтой æмæ схуыссыдысты. Уæд хæйрæт пецы фæстæ бадти ’мæ сып хъуыста сæ ныхæстæм. Бацин кодта, зæхкусæджы ус йæ лæ- джы раппæлыпы фæндагыл кæй сарæзта: уый æппæ- лы, зæгъгæ йын зæхх куы уаид, уæд ын хæйрæг дæр ницы кæндзæн. Хорз, — хъуыды кæны хæйрæг, — схæснаг кæнæм демæ, æз дын зæхх афтæ бирæ раттдзьгиæи, æмæ дæ сыджыты хай дæр бакæндзьгнæн. II Зæхкусджытæм хæстæг царди иу æхсин. Уымæ уы- ди 120 дæсæтины зæхх. Райдианы уый зæхкусджыти- мæ æнгом царди, ницæмæй сæхъыгдардта. Фæлæйæм фæстагмæ приказчикæй ныллæууыди æфсадæй чи æрæздæхт, ахæм салдат, æмæ уый зæхкусджыты уд 78
ласта æнауæрдон ивартæй. Пахом кæд йæхи хызтаг уæддæр-иу: куы йæ сысджымæ бæх баирвæзти, куы цæхæрадонмæ йæ хъуг, куы та уыгæрдæнтæм йæ род- тæ, — алцæмæидæр ивартæ. Пахом фиддонтæй сфæлмæцыди æмæ бинонты æф- хæрып æмæ нæмын райдыдта. Бирæ фыдбылызтæ йын скодта сæрды дæргъы уыцы приказчик. Пахомæн йæ зæрдæ барухс зымæджы йе стурты кæрты дарын куы байдыдта, уæд: кæд сын холлаг дæттын æвгъау кодта, уæддæр дзы тас нал уыди ивартæй. Зымæджы ахæм тауыс айхъуысти, зæгъгæ, дам, æхсин йæ зæхх уæй кæнын сфæнд кодта, æмæ йæ æл- хæнынмæ хъавы иу фыд-зæрдæ кæртмæрзæг. Зæхкус- джытæ уый куы фехъуыстой, уæд фæтарстысты, сæ къухтæ ауыгътой: «йе-йе ныр нæм бæрæг уыдзæн, — хъуыды кæнынц, уыцы мæрзæджы къухы куы бафтæм, уæд нæ æхсинæй фылдæр уый иварты бын фæкæн- дзæн. Махæн цæрæн нæй æнæ уыцы зæхх, мах неппæт дæр стæм уый фæрцы удæгас». Зæхкусджытæ æгас хъæуæй иумæ æрцыдысты æх- синмæ, æмæ дзы куырдтой, йæ зæхх кæртмæрзæгæн куыннæ ауæй кæна, фæлæ йæ уыдонæн куыд радта. Ныфс ын бавæрдтой фылдæр аргъ раттыны тыххæй. Æхсин сразы ис. Байдыдтой зæхкусджытæ иумæ уы- наффæ кæнын, иу-дыууæ хатты ныхасмæ æрæмбырд сты, фæлæ сæ дзырд кæрæдзийыл не, сбадти, æмæ сæ хъуыддаг не срæвдз ис. Хæйрæг сæ къуылымпы кæны æмæ никуыд разы кæнынц. Зæхкусджытæ хъуыддаг афтæ аскъуыддзаг кодтой æмæсæалчи дæр, кæмæнцас йæ бон суа, уый бæрцхицæнæй куыд балхæна, ууыл æх- син дæр сразы ис. Пахом фехъуыста йæ сыхаг 20 дæ- сæтины зæхх кæй балхæдта æхсинæй æмæ йын æмбис аргъ æрмæджы кæй бафыста, иннæ æмбис бафидынæы та йын цалдæр азы æмгъуыд радта. Пахоммæ хæлæг æркаст æмæ ахъуыды кодта: «Зæхх иууылдæр фæуы- дзæн уæйгонд, æмæ дзы æз æнæ хайæ баззайдзыпæн», Райдыдта йæ усимæ уынаффæ кæнын. — Адæм æлхæнынц, æмæ дзы мæнæн дæр мæ къу- хы иу дæс дæсæтины уæддæр куы бафтид, уæд хорз уаид. Кæннод цæрын нал фæразын, йæ ивартæй мæ бабьгн кодта приказчик! 79
Сæхи нымæр бауынаффæ кодтой лæг æмæ ус зæхх æлхæныны тыххæй. Уыди сæм æвæрд æхца дæс тума- лы, ауæй кодтой сæ байраг, сæ мыды бындзыты æмбис дæр, сæ фырты æххуырсты ныллæууын кодтой, ноджы ма хæс дæр райста Пахом йе ’моиахсæй, æмæ сæм аф- тæм-æй æрæмбырд ис æмбис аргъ. Пахом æхцатæ куы æрæмбырд кодта, уæд зæхх равзæрсга æмæ дзы сбæрæг кодта 15 дæсæтины, иу чысыл дзы хъæд дæр уыди æмæ ацыди æхсинмæ æл- хæнын.мæ. Бафидыдта æхсинимæ 15 дæсæтиныл, радта йын фидауæккаг. Ацыдысты горæтмæ æмæ ныффысгой фидары гæххæтт. Пахом зæххы аргъæй æмбис уыцы сахат бафыста, иннæ æмбис та йьш бафидинаг уыди дыууæ азы æмгъуыдмæ. Уыцы хуызæнæй Пахом зæхджын баци. Пахом æф- стау райста мыккаг, æмæ байтыдта æлхæд зæхх. Хор тынг хорз æрзад æмæ Пахом иу азмæ йæ хæстæ иу- уылдæр бафыста, æхсинæн дæр æмæ йе ’мсиахсæн дæр. Афтæмæй Пахом йæхæдæг пъамещик сси: йæхи зæхх-иу бакодта æмæ тыдта, йæхи зæххыл уыди йæ хоогæрст, йæхи зæххæй ласта михтæ, йæхи зæххыл хызта йе стуртæ. Пахом-иу йæхи сæрмагонд зæхмæ куы рацыди, йе хуымкæнынмæ, йе æвзар бæрæгкæ- нынмæ, йе йæ уыгæрдæн фенынмæ, уæд-иу сæм йæ цæст кæсынæй не ’фсæсти. йæ зæрдæ дзы афтæ дзæ- бæх кодта, цыма йæ кæрдæг иннæтæй бæрæг хуыздæр зади, йæ дидинджытæ дæр цыма бæрæг æндæр хуы- зæн уыдысты. Арæх-иу цыди уыцы зæххыл уый агъом- мæ дæр Пахом, æмæ йæм уæд уыцы зæхх уадиссаг хорз нæ зынди, фæлæ йын ныр бæстыл чи нæй, ахæм фестади. Ill Цæры Пахом, æмæ цин кæны. йæ царды хъуыддаг æппæтæй дæр цыди хорз, æрмæст ын маст кодтой й.е сыхæгтæ, се стуртæ дзæгъæл уагътой æмæ йын йæ хуымтæ æмæ йæ уыгæрдæнтæ сæфтой. Пахом сыы лæ- гъстæ кодта дзæбæхæй, фæлæ йæ ницæмæ дардтой, æмæ йæ мæстæй мардтой: куы-иу ым хъомгæстæ ба- рæй бауагътой йæ уыгæрдæнтæм сæ хъомты, куы та- ^О
иу æхсæв сæ бæхтæ рæгъауæй баирвæзтысты йæ хуым- тæм. Пахом-иу аздæхта йæ сыхæгты стурты, хатыр сын кодта, хъаст бакæнып та сыл йæ сæрмæ ыæ хаста, фæлæ йæм фæстагмæ хардзау кæсын байдыдта æмæ сыл волосты къæнцылармæ бахъаст кодта. Пахом зыдта, сыхæгтæ йын фыдæнæн кæй нæ кæ- ныпц, фæлæ се стуртæ сæ къуындæг царды, тыххæй кæй баирвæзынц, уый, æмæ йæхи нымæр хъуыды кæ- ны: «ахæм хатыртæ кæнын мæ бон нал у, кæннод мын уыцы хуызæнæй мæ хуымтæ æмæ мæ уыгæрдæнтæ иууылдæр фесафдзысты. Сахуыр кæнын сæ хъæуы». Балæвæрдта тæрхондонмæ иуыл дæр æмæ иннæ- уыл дæр, æмæ сæ фæивар кæнын кодта. Уый сыхæг- тæн æхсызгон нæ уыди. Пахоммæ дзæбæх зæрдæ нал дардтой æмæ йын сусæгæй фылдæр сафын байдыдтой йæ хуымтæ æмæ й,æ уыгæрдæнтæ. Иу чидæр та баз- дæхти æмæ йыи æхсæвыгон бахъуызыди йæ хъæды къохмæ, сусхъæд бæлæстæй дæс акалдта æмæ сьтн сæ цъæрттæ растыгъта. Пахом бацыди йæ хъæдмæ, — дардмæ ауыдта, цыдæр дзы урс кæй дары. Бахæццæ ис, æмæ йæ бæлæстæ калд, сæ цъæрттæ стыгъд, сæ бындзæфхæдтæ ныхъил сты. Уæд та уыцы фыд-зæрдæ адæймаг кæройнаг бæлæсты куы афæлдæхтаид, æх- сæнмæ-’хсæнты æмæ дзы йæ тæккæ астæу æнæхъæн æрдуз куы нæ скодтаид. Тынг смæсты ис Пахом: «Æй джиди, уый чи уыди, уый базон, уæд дзы мæ маст бæргæ райсин!» — «Чи уыдаид», — зæгъгæ, хъуыды кæнын байдыдта «Семены йеттæмæ афтæ ничи бакод- таид мæнæн», — загъта йæхи нымæр Пахом. Бацыди Семепы кæртмæ, йæ цæст ыл ахаста, фæлæ дзы ни- цы ссардта, æрмæст ма фæхыл сты. Пахомы тынгдæр бауырныдта, Семен йеттæмæ æндæр ничи уыдаид! Хъаст ыл балæвæрдта, тæрхондонм.æ йæм басидын код- та. Тæрхон ыл байдыдтой, фæлæ йæм ницы ссардтой зылындзинадæй æмæ йæ сраст кодтой. Пахом фыды- знагæй тынгдæр смæсты: хъæуыхицау æмæ тæрхон- гæнджытимæ дæр фæхыл: «Сымах, зæгъы, къæрныхты фарс стут. Уæхæдæг раст куы уаиккат, уæд æвзæргæн- джыты не сраст кодтаиккат». Фæбыцæу ис сыхæгтимæ дæр. Басудздзыстæм дæ, зæгъгæ, йæм æртхъирæнтæ кæиын дæр байдыдтой. Пахом зæххы руаджы параха- (j Л. Н Толстой. 81
тæй цæрын байдыдта, фæлæ хъæубæсты æхсæн йæ цард фæкъуындæгдæр ис. Уыцы рæстæджы ахæм кой рацыди, адæм, дам, цæ- уынц ног цæрæн бынæттæм. Пахом йæхи нымæры хъуыды кæны: «Мæнæн мæхи зæххæй никæдæм ис алидзæн. Фæлæ нæ хъæубæстæй исчитæ сæхи куы ай- сиккой, уæд махæн зæхх фæуæгъддæр уаид. Æз сын сæ зæхх мæхи бакæнин, мæ зæххимæ йæ баиу кæнин. Мæ цард фæхуыздæр уаид. Кæннод фыр къуындæгæй тыхсæм». Бады иухатт Пахом йæ хæдзары æмæ йæм бафтьтд иу бæлццон зæхкусæг. Æхсæвы йып фысым фæци, хорз æй суазæг кодта, ныхас сын бацайдагъ, — кæцæй дæ хуыцау æрбахаста, зæгъгæ, уæд уазæг радзырдта куыстагур кæй уыдн Волгæйы фале. Ныхас-ныхасы фæ- стæ, уазæг радзырдта, адæм уырдæм цæрынмæ куыд лидзынц. Раныхас кодта, нæхионтæй дæр, зæгъы, би- рæтæ алыгъдысты уырдæм, сæхи ныффыссын кодтой, хъæуккаг баисты, æмæ сын бахай кодтой фæйнæ дæс дæсæтины алы удгоймагæн дæр. Сæ зæхх та, зæгъы, ахæм хорз у, æмæ дзы хлепа куы байтауай, уæд аф- гæ бæрзонд зайы, æмæ дзы бæх анытьуылы, стæй аф- тæ бæзджын вæййы, æмæ дзы фондз дæсдæджы та куырисваг вæййы, иу зæхкусæг зæгъы, афтид армæй, бынтон мæгуырæй алыгъди уырдæм, æхсæз бæхы æмæ дыууæ хъуджы хицау баци. Уыцы ныхæстæм ссыгъди Пахомы зæрдæ, æмæ асагъæс кодта: «Хуыздæр цардæн амал куы уа, уæд цы пайда у ацы къуындæджы цæрьгы æмæ мæгуыры хъиухъиу кæнын. Цæй, æмæ ауæй кæнон мæ зæхх дæр, æмæ мæ хæдзæрттæ дæр. Уым уыцы æхцатæй ног агъуыстытæ сараздзынæн æмææндæр æппæт царды фа- дæттæ дæр окæндзынæн. Ам та ацы къуындæг бæсгы, утхарæй мæлæм, æндæр ницы. Æрмæст æппæт хъуыд- дæгтæ раздæр хъуамæ мæхæдæг сбæрæг кæнон, хъуа- мæ зæхх фенои мæхи цæстæй». riaxoiM йæхи барæвдз кодта, æмæ сæрды араст ис балцы. Самарæйы онг Волгæйыл дæлæмæ науы ацыди, стæй уырдыгæн фистæгæй фæцыди 400 версты. Куы ныххæццæ ис, уæд разынди бæлвырд куыд хъуыста, афтæ: цæрынц зæхкусджытæ парахатæй, алы удгой- 82
магмæ дæр дзы дæс дæсæтины зæхх, æмæ уыимæ ра- зæнгард сты кæйдæриддæр хъæуккаг скæныныл. Но- джы ма дæм æхца куы уа, уæд уæрст зæххæй уæлдай гæнæн ис, цас дæ фæнда, уый бæрц бынæлхæд бакæ- нын æртыгай сомтæй, зæххæн йæ тæккæ хуыздæр ра- ны; дæ бон у, цасдæриддæр дæ бафæнда, уыйас бал- хæнын! Сбæрджытæ кодта Пахом æппæт дæр, фæззæгмæ фæстæмæ раздæхти йæ хæдзармæ, æмæ йæ ис æмæ йæ бон уæй кæнын райдыдта. Ауæй кодта зæхх йæ аргъ цы уыд, уымæй зынаргъдæрмæ, ауæй кодта йæ хæ- дзæрттæ, ауæй кодта йе стуртæ иууылдæр, ныууагъта йæ хъæубæстæ æмæ уалдзæг куыддæр ’рбалæууыди, афтæ йæ бинонтимæ ног бæстæм араст. IV Пахом йæ бинонтимæ æрцыди ног бæстæм, иу стыр хъæуы йæхи бакодта хъæуккаг. Зæрæдтæн ануазын кодта, æмæ йæ гæххæттытæ куыд æмбæлд, афтæ еа- рæзта. Хъæубæстæ сæхимæ райстой Пахомы, фондз удгоймагæн ын рахицæн кодтой алы рæтты фæндзай дахæтины, уыдонæй уæлдай ма ноджы сæрвæты зæхх. Æрцарæзта Пахом йæхицæн хæдзар, фос скодта. Цы зæхх радтой Пахомæш, уый зæрсид хъæуы йæм цы уыди, уымæй æртæ хатты фæфылдæр ис. Уыимæ йæ зæхх дæр уыди хъæздыг. Иу дзырдæй, йæ ныры цард фыццаг цардæй дæс хатты хуыздæр фæци. Хуым- зæхх дæр æмæ холлаг дæр уæлдайджынтæй. Фос дæ цас фæнды, уыйас дар. Райдианы, цалынмæ Пахом йæхицæн а!гъуыстытæ арæзта æмæ æндæр цæрæн амал кодта, уалынмæ йæм дзæбæх касти, фæлæ куы æрбиноныг ис, уæд та йын ног бынаты дæр къуындæгад байдыдта. Пахом йæ зæххыл фыццаг аз байтыдта мæнæу, æмæ йын тугыл аскъуыди. Афтæмæй фæцахуыр ис Пахом мæнæу кæныныл, æмæ йын йæ зæххы хай нал фаг кодта, зæххæй ма цы баззади, уый та бæззон нæ уыди. Мæн-æу кодтой уьгм, æрмæстдæр хæмыцырихи (кæрдæг) арæх кæм зайы, кæыæ зазрæстон чи баззайы, ахæм зæххыл. Иу-дыууæ азы йæ бакæнынц æмæ йæ стæй иыууадзынц, цалынмæ та баулæфа, уалынмæ. 83
Ахæм зæхмæ та бирæтæ гæппæввонгæй бадынц, сеп- пæтыл та æххæсгæ нæ кæны. Уый фæдыл сæхи мидæг арæх быцæу кæнынц; хъæздгуытæй алчи дæр йæхæдæг хуым кæыы хъæздыг зæххыл, мæгуыртæ та сæ хай хъалоны бæсты базаргæнджытæн раттынц. Æсфæндыд Пахомы мæпæу фылдæр бакæныи. Иннæ аз куы ра- лæууыдис, уæд Пахом ацыдис æмæ иу къупецагæй аз æм’гъуыдм-æ балхæдта зæхх. Фылдæр бакодта хуым æмæ та йын æмбисондæн фескуыхти, фæлæ йыи дард уыдысты хъæумæ: иу 15 версты сæ хъуыди ласын. Кæсы зæхкусæг — къупецтæ хутыртæй цæрьшц æмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнынц. «Хорз хъуыддаг уаид, æвæдза! — хъуыды кæны Пахом йæхи иымæ- ры, — мæнæн дæр куы бафтид мæ къухы иу бынæл- хæд зæххы гæбаз, уæд дзы æз дæр хутыр саразин. Мæ куоинаг мæ алыварс уаид». Æмæ та сагъæсы бацыди Пахом, йæхи нымæры уынаффæтæ кæны, зæхх бынæл- хæд бакæныныл. Афтæмæй царди Пахом æртæ азы дæргъы. Амал кодта зæхх, æмæ-иу дзы байтыдта мæнæу. Азыхъæд- иу дзæбæх уыд æмæ-иу мæнæуты æрзад диссагæн баз- зад. Фæзынди йæм æфснайд æхца дæр. Ницьт хъуаг уыди Пахом, цæр æмæ цæр, фæлæ тыхстис алы аз дæр адæмæй зæхх æххуырсынæй, бирæ къуылымпы æййæф- та: хорз зæхх-иу кæм уыди, уырдæм-иу сæхи ныккалд- той зæхкусджытæ æмæ-иу æй аххуырстой; дæ къухы нæ бафтыд зæхх баххуырсьтн,—уавд æнæ фæззыгæн- дæй баззайдзынæ. Æртыккаг аз баххуырста Пахом иу къупецимæ зæхкусджытæй иу ран сæрвæт, бакодтой дзы хуым, фæлæ зæхкусджытæ схъаугъа кодтой. Хъуыддаг тæр- хондонмæ бацыди, æмæ сæ фæллой фесæфти. «Ныр мæхицæн зæхх фаг куы уаид, уæд лæгъстæ- йаг никæмæн уаин» — хъуыды кодта Пахом. Пахом сфæнд кодта искуы зæхх бынæлхæд бакæ- нын, æмæ агурын байдыдта. Сæмбæлди иу зæхкусæ- гыл. Уыцы зæхкусæгæй балхæдта 500 дæсæтины, тынг зиан^фæци æмæ йæ ныр уæй кæны аслам аргъыл. Па- хом йемæ дзурын байдыдта, бирæ фæдзырдта æмæ ба- фидыдта иу мин сомыл, æмбис — æрмæджы, иннæ æм- бис та — æмгъуыдмæ. Хъуыддаг алыгмæ цæттæ уыди, 84
афтæмæй иу хагт куы уыди, уæд Пахомы кæрты æр- балæууыди иу бæлццон къупец йæ бæхтæн исты а*æ- рып кæнынмæ. Цай бацымдтой æмæ аныхас кодтой. Къупецаг радзырдта, уыдтæн, дам, дард бæсты, баш- киртæм. Уым, зæгъы, æз балхæдтои башкиртæй фондз мин дæсæтины зæхх æмæ мын уый æдæтшæт слæу- уыд æрмæст иу мин сомы. Пахом бæлвырд рафæрстытæ кодта бæлццоны. Къу- пец радзырдта: — Æрмæст, — зæгъы, — зæрæдты зæрдæ цæмæй- дæрты балхæдтон. Иу дæс туманы аргъ сын балæ- вар кодтон халаттæ, гауызтæ, стæй ма цайгæрдæг иу урс тасмачъийыдзаг æмæ нуæзт чи нуæзта, уыдонæн сæн апуазып кодтон æмæ мын дæсæтин абазийæ фыл- дæр нæ сыстади. — Бæлццон равдыста йæ æлхæды гæххæтт дæр. — Зæхх та, — зæгъы, — ис доны былтыл, быдыртæ та сты заманай цыллæйы хуызæн кæрдæг- джын, хæмыцырихиимæ хæццæгонд». Пахом æй зæрдиагдæрæй байдыдта фæрсын, куыд æмæ цы? — Башкиртæм, — зæгъы къупец, — уый бæрц ис зæхх, æмæ йыл афæдзмæ дæр зылд нæ фæуыдзынæ. Сæ адæмыхъæд та —раст фысфосау æнæмбаргæ. Лæ- варæй сын дæхицæн райсдзыиæ сæ зæххæй, цас дæ хъæуы, уый бæрц. Уæд riaxoiM ахъуыды кодта: «Цæйиæфæлтау мæ мин сомæй ам 500 дæсæтины балхæнон æмæ ма иу уыйас та мæ бæрзæйыл хæс баззайа, фæлтау уым мин сомæй цæй бæрц зæххы хицау суыдзынæн!». V Пахом бæстон æрфæрстытæ кодта къупецы, куыд æмæ цавæр фæндæгтыл цæуын хъæуы уырдæм, æмæ куыддæр къуггецы фæраст кодта, афтæ йæхæдæг дæр срæвдз и фæндагмæ. Йæ хæдзар йæ усы бар бакодта, æмæ йе ’ххуырстимæ араст и. Сæ фæндаг горæтыл акодтой, æмæ уым балхæдтой цайгæрдæг, лæвæрдтæ, сæн, æмæ алцы дæр, къупсцы дзырдтæм гæсгæйæ. Стæй уæд дарддæр араст сты æмæ фæцыдысты 500 версты. Къуырийы бонмæ ныххæццæ сты башкиртæм. 85
Къупец куыддæриддæр дзырдта, иууылдæр афтæ ра- зынди. Башкиртæ цардысты быдыры, доны былтыл, нымæттæй æмбæрзт чъибиткаты. Сæхуыдтæг хуым нæ кæнынц æмæ дзул нæ хæрынц. Сæ быдырты та лæу- уынц стурты æмæ бæхты рæгъæуттæ дзæгъæлæй. Чъибиткайы фæстæ бастæйдарынц байрæгты, æмæсæм бон дыууæ хатты сæ мадæлты æрбатæрынц. Ефсыты дуцынц æмæ сып се ’хсырæй хъуымыз аразынц. Сыл- тæ хъуьшыз сцæгъдынц æмæ дзыцыхт ахсынц, сæлæг- тæ та бынтон æнæмæт сты: хъуымыз нуазынц, цай цы- мынц, фысы фыд хæрынц æмæ уадындзæй уасьтнц. Бакæсгæйæ, сеппæт дæр — хæрзхуыз, хъæлдзæг, æнæ- хъæн сæрд æнцад бадынц, бæрæгбонау. Сæ адæмы хъæд—талынг, æнæмбаргæ, уырыссагау нæ зонынц, фæлæ цинтæгæнаг. Куыддæр Пахо’мы ауыдтой, афтæ башкиртæ сæ чъибиткатæй ракалдысты æмæ уазæджы алыварс æр- бамбырд сты. Разынди сæм иу тæлмацгæнæг. Пахом бамбарын кодта тæлмацгæнæгæн, зæхх агурæг кæй æрцыди, уый. Бацин кодтой башкиртæ, бахуыдтой Па- хомы мидæмæ, чъибиткамæ, гауызтыл æй æрбадын кодтой, йæ быпы йын бакодтой фæлмæн пакъуы баз- тæ, сæхæдæг йæ алыварс æрбадтысты, цай æмæ йын хъуымыз æрбадавгой, кусарт ын акодтой æмæ йæ фы- сы фыдæй хорз федтой. Пахом райхæлдта, цы æрла- ста, уыдон, æмæ башкиртæн лæвæрдтæ уарын рай- дыдта. Радта сын лæвæрдтæ æмæ сын цайгæрдæг дæр байуæрста. Цинæй амардысты башкиртæ. Дыгъал- дыгъул фæкодтой сæ кæрæдзиимæ, стæй тæлмацгæ- нæгæн^æгъын кодтой: — Бауарзтам дæ, фæлæ махæн не ’гъдауы ис ал- цæмæй дæр уазæджы зæрдæ æлхæнын, æмæ лæвармæ фæстæмæ лæвар ракæнын. Ды нын лæвæрдтæ ракод- тай, æ1мæ дын мах дæр хъуамæ радтæм исты лэевар, зæгъ нын, цы цæуы дæ зæрдæмæ æмæ цы лæвар до- мыс махæй? — Æппæтæй фылдæр мæ зæрдæмæ фæцыди уæ зæхх, — загъта Пахом. — Махæн нæ зæхх къуындæг у, хæрд зæхх æмæ мæгуыр, сымахмæ та зæхх бирæ ис, стæй уæ зæххы хъæд дæр хорз у. Æз ахæм зæхх мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон. 8(5
Тæлмацгæнæг ын йæ дзырдтæ загъта башкиртæн. Уыдон сæхи мидæг хъæрæй ныхас кæнынц, цыдæртæ дзурынц æмæ худынц. Цы дзырдтой, уый Пахом не ’мбæрста, фæлæ сæ цæсты æнгасæй бæрæг уыди, хъæлдзæг ныхас кæй кодтой, уый. Стæй банцадысты æмæ Пахоммæ ныккастысты. Тæлмацгæнæг дзуры: — Зæгъ, дам, ын, хорз зæрдæйы хицау дæ, ’хорз нын ракодтай, æмæ дьш зæхх раттыныл разы стæм; æрмæст, цас дæ фæнды æмæ дæ чердыгæй хъæуы, уый бацамон дæ къухæй. Ноджыдæр ма дарддæр дзырдтой æмæ цæуылдæр быцæу ныхас кæнын байдыдтой. Пахом фæрсы тæл- мацгæнæджы, цæуыл у сæ быцæу, æмæ йын тæлмац- гæяæг загъта: — Оæ иутæ зæгъынц: зæххы тыххæй раздæр хъæуы бафæрсьгн хъæуыхицауы, æнæ уый хос нæй. Анн-æтæ та зæгъынц, æнæ уый дæр хъуыддагæи сара- зæн ис. VI Башкиртæ быцæу ныхас кæнынц, уалынмæ æрба- зььнд, рувасдзарм худ йæ сæрыл кæмæн уыд, ахæм лæг. Куы йæ ауыдтой, уæд сæ ныхас фæурæдтой æмæ сыстадысты. Тæлмацгæнæг загъта Пахомæн: — Уый хъæуыхицау у. Пахом тагъдгомау сыстади, систа хуыздæр чи уыди, уыцы халаг æмæ йæ балæвар кодта хъæуыхицауæн, стæй ма йын радта ноджыдæр 5 джиранкайы цайгæр- дæг. Хъæуыхицау райста лæвæрдтæ æмæ хисдæры бы- наты æрбадтп. Башкиртæ йын цыдæр ныхас кæнын байдыдтой. Хъæуыхицау фæхъуыста, фæхъуыста, стæй йæ сæрæй ацамыдта, цæмæй башкиртæ бапца- даиккой, йæхæдæг Пахомæн уырыссагау загъта: — Зæхх бирæ ис, айс, дæ зæрдæмæ кæцы ран цæуы, уым. Пахом хъуыды кæны: «Ау, æмæ цас мæ фæнды, уый бæрц куыд райсон. Хъуамæ исты хуызонæй уæд- дæр мæхиуыл æрцæуа фидаргонд. Кæннод мын æй искуы фæстæмæ куы байсой». — Уæ дзæбæх дзуаппы тыххæй уæ бузныг дæн, — загъта Пахом, — ай-гъай, сымахæн зæхх бирæ ис, фæ- 87
лæ мæн бирæ нæ хъæуы. Æрмæст хъуамæ зонон мæ- хион. Искуыд æй уæддæр хъæуы сбарын, рахицæн кæ- нын æмæ мæ номыл ныффидар кæнын. Кæннод лæг цæрын дæр æмæ мæлын дæр зоны. Сымах хорз адæм стут, дæтгут мын зæхх, фæлæ искуы уæ цот куы ра- хъомыл уой, уæд мын æй фæстæмæ байсдзысты. — Раст у дæ ныхас, — зæгъы хъæуыхицау, — сфи- дар æй кæндзыстæм. Уæд ын Пахом райдыдта дзурын: — Фехъуыстон æз, сымахмæ уыди цавæрдæр къупец, æмæ уымæн дæр балæвар кодтат зæххы гæбаз, æлхæды гæххæтт дæр ын скодтат. Мæнæн дæр æй аф- тæ куы саразиккат! Хъæуыхицау хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый бам- бæрста æмæ загъта: — Уымæн гæнæн ис. Нæхимæ фыссæг ис, иумæ го- рæтмæ ацæудзыстæм æмæ гæххæттытыл уым мыхуыр дæр æрæвæрдзыстæм. — Уæд зæххæн йæ аргъ та цас уыдзæн? — фæрсы Пахом. — Аргъ махæн иу у: мин сомы иу боны аргъ. -- Нæ йæ бамбæрста Пахом: — Иу боны аргъ зæгъыс, æмæ уый та цавæр ба- рæн у? Цал дæсæтины дзы уыдзæн? — Max уый хынцын нæ зонæм. Фæлæ мах бонæй уæй кæнæм, иу боны дæргъы кæуылты æрзилай, уыи дæу, æмæ йæ аргъ та у мин сомы. Фæдис кодта Пахом. Чысыл зæххыл пе ’рзылдæуы- дзæн æгас бон! Бахудти хъæуыхицау.—Цасфæнды уæд, иууылдæр уыдзæн дæу. Æрмæст иу бадзырд: кæцæй араст уай, уырдæм иу бон фæстæмæ куы нæ æрбахæццæ уай, уæд де ’хцатæ фесæфдзысты. — Æмæ кæуылты ацæуоп, уый цæмæй бæрæг уы- дзæн? — фæрсы Пахом. — Цы зæхх сæвзарай, уый кæрон мах иу ран лæу- дзыстæм æмæ ды уырдыгæй араст у, æмæ зиллаккæр- зил. Демæ бел айс, кæм хъæуа, уым бæрджытæ кæн, фисынтыл дзыхъытæ къах æмæ нæууытæ кæрæдзи уæлæ æвæр, стæй иу дзыхъæй иннæ дзыхъмæ гутонæй ахахх кæндзыстæм. Куыд дæ фæнда, ахæм зиллакк S8
райс, æрмæст кæс, цы ранæй араст уай, уырдæм фæ- стæмæ хурныгуылдмæ куыд æрбахæццæ уай, афтæ. Цасдæриддæр зæххыл æрзилай, уый иууылдæр уыдзæн дæу. Пахомы зæрдæ куыд пæ барухс уыдаид. Бауынаф- фæ кодтой, йæ райсамы сæумæцъæхæй быдырмæ куыд ацæуой. Бирæ ма фæныхас кодтой ноджыдæр, нуæзтой хъуымыз, бахордтой фысы фыд, стæй бацымдтой цай. Фæсахсæвæр сси. Пахомы схуыссын кодтой бумбули гобаныл, æмæ башкиртæ фæйнæрдæм апырх сты, ба- дзырдтой: райсомæй бон дзирдзур кæнын куы байдайа, уæд куыд араст уой быдырмæ æмæ хурæскæсынмæ бынаты куыд сæмбæлой. VII Схуыссыди Пахом фæлмæн бумбули хуыссæнтыл, фæлæ йæ хуыссæг нæ ахсы, иудадзыг дæр зæххы тых- хæй хъуыдыты ацыд. «Ныры бон, зæгъы, йæхæдæг афæдз у. Фæлæу, ба- уадз мæ, дзæбæх дзы æрбайсдзынæи æз. Фæндзай вер- сты куыннæ ауайдзынæн бон изæрмæ. Æмæ фæндзай версты мидæг зæхх цас уыдзæн, цас! Æвзæрдæр зæхх ауæй кæндзынæн, кæнæ дзы зæхкусджытæ æрцæрын кæндзынæп. Хуыздæр та мæхицæн ныууадздзынæп æмæ йыл уæрæх æрбаддзынæн. Дыууæ гутоны æмæ галтæ скæндзынæн, дыууæ кусæджы баххуырсдзынæн, сæдæйы æмбис дæсæтины хуым бакæпдзынæн, иннæ- йыл та-иу мæ фос аздахдзынæи». Нæ бафынæй Пахом æнæхъæн æхсæв уыцы хъуы- дытæй. Æрмæст бонырдæм чысыл арæдзæ-мæдзæ код- та. Йæ цæстытæ кæрæдзийыл куыддæр авæрдта, афтæ уыны фын: цымæ, цы чъибиткайы хуыссыди, уый æт- тейы чидæр кæлкæл кæны. Уæд Пахом, цыма, сыстади æмæ æттæмæ рауади, чи худы, уый фенон, зæгъгæ. Кæсы æмæ уыны, чъибиткайы раз бады башкирты хъæуыхицау, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбыныл хæцы æмæ цæуылдæр дзыхыдзагæй худы. Уæд, цыма, йæ размæ бацыд æмæ йæ бафарста: «Цæуыл худыс?» зæгъгæ. Стæй йæм биноныгдæр бакасти æмæ уыныг 89
уый хъæуыхицау нæу, фæлæ йæм уазæгуаты цы къупец уыди æмæ йын уыцы зæхх чи бацамыдта, уый фестади. Куыддæр, цымæ, къупецмæ сдзырдта, рагæй ам дæ, зæгъгæ, афтæ та къупец нæ разынди, фæлæ ма бынаты куы уыди, уæд æм цы зæхкусæг уыди, уый хуызæн æм фæкасти. Ноджы бæлвырддæр бакасти Па- хом, æмæ, цыма, зæхкусæг дæр нæ уыди, фæлæ ра- зынди сыкъаджын хæйрæг, размæ зæвæтджын, бады æмæ худы, æмæ йæ разы иу лæг лæууы бæгъæввадæй, афтид хæдоны æмæ хæлафы. Уæд Пахом биноныгдæр бакасти, уыцы лæг бæзоныны тыххæй. Кæсы, æмæ уы- ны: лæг æгас нæу, фæлæ мард, æмæ, цыма, у Пахом йæхæдæг. Фæтарсти Пахом æмæ фыртæссæй фехъал ис. «Цы нæ фендæуыдзæн фыны» ахъуыды кодта Па- хом. Ракасти йæ цæстытæй Пахом æмæ уыны, дуары зыхъыртæй рухс зынын кæй байдыдта. Сыстади Па- хО(М, райхъал кодта йе ’ххуырсты &мæ йын бæхтæ сифтындзын кодта, йæхæдæг ацыди æмæ башкирты сыстын кодта. «Афон у, — зæгъы, — быдырмæ цæ- уынмæ, зæхх барынмæ». Сыстадысты башкиртæ, æрæм- бырд сты, уалынмæ хъæуыхицау дæр æрбацыди. Бай- дыдтой та башкиртæ хъуымыз цымын. Пахомæн дæр цай æрæвæрдтой, фæлæ уый уæдмæ нал фæлæууыди æмæ загъта: — Кæд цæуинаг стæм, уæд цæуæм, афон у. VIII Срæвдз сты башкиртæ, сбадтысты, чи бæхыл, чи уæрдоны æмæ араст сты. Пахом дæр йе ’ххуырсти- мæ бабадти йæ уæрдоны æмæ сæ фæдыл арасти, йемæ айста бел дæр. Сæуæхсидт куыддæр фæзынди, афта: бахæццæ сты быдырмæ. Иу обауы сæрыл æрурæдтой. Рахызтысты сæ бæхтæй, сæ уæрдæттæй æмæ иуранмæ æрбамбырд сты. Хъæуыхицау бацыд Пахомы цурмæ æмæ йын йæ къухæй амоны: — Мæнæ, дæ цæст кæуылты æххæссы, уый иууыл- дæр мах у. Равзар, кæмдæриддæр дæ фæнды, уым. Пахомæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ ра- зы замманай зæхх—æмвæз, раст армытъæпæны хуы- зæн, ранæй-рæтты лæнк бынæтты алыхуызон кæрдæг, йæ кæрдæг та — раст астæумæ. 93
Систа хъæуыхицау йæ рувасдзарм худ æмæ йæ æрæвæрдта зæххыл. — Мæнæ ам, — загъта, — фæуæд нæ бæрæггæнæн Ацырдыгæй араст у иуæрдæм æмæ иннæрдыгæй æр- баздæх ардæм фæстæмæ. Цы зæххы алыварс æрзилай, уыцы зæхх иууылдæр уыдзæы дæу. Пахом оиста йе ’хца, æмæ сæ йæ худы æрæвæрд- та, раласта йæ куырæт, баззади мидæггаг хæдоны, хæцъил рон йæ астæуыл æрбабаста, хызын дзулимæ йæ роны бакодта, доны куысыфтæг йæ роныл æрбаста, йæ цырыхъыты хъустæ æрбалвæста, бел райста æххуырсты къухæй, æмæ уыцы хуызæнæй йæхи срæвдз кодта. Сагъæсы бацыд, чердæм хъуамæ араст уа, алырдыгæй дæр зæхх уыди иттæг хорз. Ахъуыды код- та; «иууылдæр æмхуызон у. Цæй, араст уон хурæскæ- сæны ’рдæм». йæ æргом сарæзта хуры ’рдæм, йæ уæнгтæ аивæзтытæ кодта, æмæ æнхъæлмæ касти хурæ- скастмæ. Р1æхи нымæры хъуыды кæны: «рæстæг дзæ- гъæлы нæ аивгъуыйын кæндзынæн. Сæууон уазалы цæ- уыиæи дæр æнцондæр уыдзæн». Хур куыддæриддæр йæ был сдардта, афтæ Пахом бел йæ уæхскыл авæрд- та æмæ арасти. Цыди Пахом нæдæр тагъд, нæдæр сабыр. Иу ворст куы ауад, уæд ныллæууыди, скъахта дзыхъ æмæ, цæ- мæй бæрæггæнæн дзæбæхдæр зына, уый тыххæй нæу- уытæ кæрæдзи уæлæ æрæвæрдта. Ацыди дарддæр Фæгæрз ис цæуыныл, йæ санчъех фæфылдæр кодга Ацыди ноджыдæр дарддæр, æмæ та скъахгл яэндæр бæрæггæнæн дзыхъ. Фæстæ.мæ ракасти Пахом. Хурмæ дзæбæх зыпдп обау, адæм ыл лæууынц æмæ уæрдæтты цæлхыты æф- сæйнæгтæ æрттывтытæ калынц. Йæхи нымæры абар- гæйæ, Пахом ахъуыды кодта, иу фондз версты бæрц кæй рауад, уый. Тæвд кæнын байдыдта, раласта йæ хæдон æмæ йæ йе уæхокыл сæвæрдта. Дарддæр араст ис. Æнтæф кæнын байдыдта. Скаст хурмæ, — аходæн хæрын афоп уыди. «Иу æвæрд уал цыд фæдæн,—хъуыды кæны йæ- хи нымæр Пахом.—Ахæмтæй бон цыппар саразын хъæуы, нырма раджы у базилынæн. Æрмæст уал мæ цырыхъытæ фелвасон». Æрбадти, сбæгъæввад кодта 91
йæхи, йæ цырыхъытæ йæ роны нытъыста, æмæ дард- дæр араст ис. Цæуынмæ йын фæрогдæр ис бæгъæвва- дæй. «Цæй, æмæ ма ацæуон иу фондз версты, стæй баздæхдзынæн галиуæрдæм, — ахъуыды кодта йæхи нымæр Пахом, — æгæр хорз зæхх у, æвгъау у йæ ныу- уадзын. Куыд дарддæр — афтæ ноджы хуыздæр у». Ноджыдæр ма комкоммæ араст ис. Фæстæмæ ракасги Пахом: обау ма гыццыл зынди, йæ уæлæ адæм, мæл- дзыджыты хуызæн, гæзæмæ дардтой, æм.æ ма дзы цы- дæр чысыл æрттывта. «Цæй, пыр æгъгъæд фæуæд — ахъуыды та кодта Пахом, — ацырдæм æгæр раивгъуыдтои, базилын мæ хъæуы. Стæй æгæр æнтæф стæн, æмæ мын дойны дæр у». Æрлæууыди, скъахта стырдæр дзыхъ, æрæвæрдта нæууытæ кæрæдзи уæлæ, райхæлдта йæ куысыфтæг, банозта дон, æмæ галиуæрдæм æмдзæхкæр базылди, цæуы, цæуы, замманай бæрзонд кæрдæджы астæуты æмæ тынг стæвди. Пахом фæллайын байдыдта. Хурмæ скасти. Уыны: хур арвы бæрæг астæу лæууы, сихор хæрын афон у. «Цæй, зæгъы, иучысыл баулæфын хъæуы». Æрлæууы- ди æмæ æрбадти Пахом. Ахордта дзул,дон-имæ ахуып- пытæ гæнгæйæ, фæлæ фæсхæрд æркъул кæньтн нæ бауæндыди, куы афынæй уа, уымæй тæрогæйæ. Иучы- сыл куы абадти, уæд уайтагъд фестади æмæ дарддæр цæуынмæ фæци. Хæрды фæстæ фæхъаруджыдæр ис. Æрмæст фæлмæцы хурæй, хур æм комкоммæ ныкка- сти, йæ буар иууылдæр дон фестади, хуыссæг дæр æй ахсын байдыдта, фæлæ уæддæр цæуы размæ, æмæ йæ- хицæи зæрдæтæ æвæры: «иу хатт зынæн дæр бафæра- зын хъæуы, æнусмæ æнцойæ цæрыны сæраппонд». Уыцы фарс дæр æгæр дард ацыди, æмæ галиуырдæм базилыпмæ куыд хъавыди, афтæ фæкасти æмæ йæ раз- мæ замманай лæнкау зæхх, æмæ йæм йæ ныууадзын æвгъау фæкасти, хъуыды кодта —гæн дзы хорз æрзай- дзæн, зæгъгæ. Æмæ та дарддæр æмраст ацыди. Лæн- кауæй куы фæдæлæ ис, уæд скъахта дзыхъ аамæ дык- каг фисыныл æрбазылди. Скаст Пахом обаумæ: йæ цæстытæ фырæнтæфæй тартæ кæнынц, уæлдæфы цы- дæр змæлы, æмæ обауыл адæм гæзæмæ зынынц. «Æн- хъæлдæн, æгæр дæрддзæф æрбауадтæн фæзилæпы, 92
фæцыбыр кæнын хъæуы фæндаг». Æртыккаг фарсыл араст ис, йæ цыд фæтагъддæр кодта. Скасти та хур- мæ, фæсоихорæй аивгъуыдта, æмæ афтæмæй æртыккаг фарсыл дыууæ версты йеттæмæ нæма ацыди. Обаумæ та ма йæ цæуып хъæуы фынддæс версты. Ахъуыды кодта Пахом: «Батагъд кæнын мæ хъæуы обаумæ, кæд мæ зæххы арæнтæ зылын рацæудзысты, уæддæр. Комкоммæ цæуын хъæуы. Æгæр арф æрбаивгъуыдтон, зæхх мын ныр фаг бирæ уыдзæн». Тагъдгомау æр- къахта Пахоьм дзыхъ, æмæ æмдзæхкæр фæзылди обауы ’рдæм. IX Фæраст Пахом комкоммæ обауы ’рдæм. Фæлæ тынг сфæлмæцыди. Йæ хид донау калди, йæ къæхтæ бæ- гъæввадæй ныллыгтæ сты, æмæ йæ быны дыдæгътæ кæнын байдыдтой. Бæргæ йæ фæнды йæ фæллад суа- дзын, фæлæ йыи нæй амал, тæрсы, мийаг, куы нæ охæцца уа хурныгуылдмæ. Хур та уььмæ нæ лæууы, — тынгæй-тынгдæр къул кæны. «Цымæ, нæ фæрæдыдтæн, æгæр дæрдты не ’рзылдтæн? Ныр куы нæсхæццæуон, мийаг, уæд цы бакæндзынæн? Адæргæй йæ размæ обаумæ акæсы, куы хæрдмæ скæсы, обау нырма дард у, хур ньигуылынмæ та бирæ нал ис Пахом уæддæр йæ цыдкæны, тынг зын ын ссис цæ уын, фæлæ уæддæр йæ цыдыл уæлдай санчъех æф- тауы. Цæуы æмæ цæуы, фæлæ ма уæддæр йæ нысан дард у; асæпп кодта. Аппæрста йæ хæдои, йæ цыры- хъытæ йæ даны куысыфтæг, йæ худ дæр адыввытт ла- ста, æрмæст ма йæ белыл хæцы æмæ йыл хаттæй-хатт фенцой кæны. «Ох, æнхъæлдæн, æгæр бафæлладтæн æмæ мæ фыр зыдæй мæ хъуыддаг быитон фесæф- тон, — хурныгуылдмæ нал бахæццæ уыдзынæн!» Фыр- тæссæй Пахом улæфын дæр дзæбæх нал фæразы. Згъоры ма, йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фырхидæй йæ буарыл нындæгъдысты, йæ ком ныххус ис. Йæ риу, куырдадзы куынцау, ныддымсти, йæ зæрдæ йын, цыма исчи дзæбугæй хойы, йæ къæхтæ цыма йæхицæй иал уыдысты, уыйау йæ быны дыдæгътæ кæнынц. Стыр зындзинады бахаудта Пахом, сагъæс кæны: «ацы тых цыдæй, мийаг, куы фæхуыдуг уон». 93
Тых цыдæй тæрсы амæлынæй. Фæлæ йæм уæддæр ныллæууыны зæрдæ нæй: «уый бæрц, зæгъы, фæдугъ кодтон, æмæ ныр куыд ныллæууон, цы зæгъдзысты адæм, æдылы-йыл мæ баыымайдзысты». Згъоры, згъоры Пахом, æрбахæстæг обаумæ: хъуысынц æм башкирты дыгъал-дыгъул, æмæ сæ хъæрæй йæ зæрдæ тынгдæр скъуыйы. йæ фæстаг хъаруйæ ма йæм цы уыд, уый æрæмбырд кодта Па- хом æмæ уыцы иу згъорд кæны, хур дæр йæ кæронмæ æрхæццæ кæны, æмæ мигъы бын фæци. Хуры стыр тымбыл зиллакк туджы хуызæн сырх-сырхидæй зыны. Æмæ мæнæ-мæнæ фæныгуылынмæ хъавы. Хур йæ ны- гуылынмæ æрхæстæг ис, фæлæ нысан дæр дард нал у. Пахом дзæбæх уыны обауы дæр æмæ адæмы дæр, адæм æм сæ къухтæ тилынц, цæмæй батагъддæр кæ- на. Зынын æм байдыдтой уартæ рувæдзарм худ æмæ æхцатæ дæр худы уæлæ, кæсы æмæ хъæуыхицау, йæ гуыбыныл хæцгæйæ, зæххыл тъæпæн бады. Пахомæн йæ зæрдыл æрбалæууыдис йæ фын. «Зæхх, — зæгъы йæхи нымæры,— бæргæ бирæ рамбылдтон, фæлæ ма дзы исты пайда фендзынæн æви нæ, хуыцау йæзонæг. Ох, фыдæбойнаг фæдæн, æрбайсæфтон мæхи, æвæццæ- гæи, æмæ нал бахæццæ уыдзынæн мæ нысанмæ». Ply каст ма фæкодта Пахом хурмæ, уыны: хурзæх- хы æмхуызон æрхæццæ ис, йæ бинаг был фæныгъуыл- ди, йæ уæллаг ма гæзæмæ зыиы. йæ бон æмæ фæстаг хъаруйæ цас уыди, уымæй размæ тындзы Пахом, йæ къæхтæ ма тыххæй йæ фæстæ ласы, ныр æрхаудзæн, уæд æрхаудзæн кæны. Базгъордта Пахом обауы цур- мæ æмæ æвиппайды талынггæрæттæ æрбаци. Ракаст, фæлæ хур нал зынди, аныгуылди. Пахомæн йæ зæрдæ æгасæй амарди. «Ох, фесæфтысты, зæгъы, мæ фæл- лæйттæ иууылдæр». Хъавыд æрлæууынмæ, æмæ дзæ- бæх хъусы башкирты ныхас, æмæ ахъуыды кодта, чи зоны æмæ, ам бынæй, кæд хур аныгуылди, уæддæр уым обауы сæрæй нырма кæд зыны, Пахом ма йæхи фæхъæбæр кодта, æмæ тыххæй сызгъордта обауы сæр- мæ. Обауы сæрыл ма рухс уыди. Уæлбылмæ куысхæц- цæ ис, уæд уайтагъддæр худ ауыдта. Худы раз бады хъæуыхицау æмæ æнахуыр худт кодта, йæ къухтæй йæ гуыбыныл ныххæцыд, афтæмæй Пахо-мæн йæ зæр- 94
дыл æрбалæууыди йæ фын, йæ дзыхыдзаг ма иу улæфт ныккодта, йæ къæхтæ йæ быньг фæдыдагъ сты, размæ бахаудта æмæ ма йæ къухтæ худмæ бахæц- цæ сты. — О, сæрæн гуырд, бирæ зæхх бакодтай дæхи! — фæхъæр кодта хъæуыхицау. Базгъордта Пахоммæ йе ’ххуырст, схæцынмæ йыл хъавыди, фæлæ йæ хъæлæсæй туг кæлы æмæ мардæй лæууы. Башкиртæ йын дыгъал-дыгъул гæнгæ тæригъæд кодтой. Æххуырст райста бел, Пахомæн йе ’мдæргъ скъахта ингæн, раст йæ сæрæй йæ къæхтæм цас ба- цахста зæхх, уый бæрц, ома — æртæ адлийы æмæ йæ уым баныгæдта.
КАВКАЗАГ УАЦАИРАГ I Кавказы афицерæй службæ кодта иу бария. Йæ ■ном хуынди Жилин. Иу хатт й,æ хæдзарæй писмо райста. Фыссы йæм йæ зæронд мад: «Базæронд дæн, æмæ мæ фæнды мæ мæлæты агъоммæ мæ уарзон хъæбулы фенын. Æрцу мæм, æмæ мын фæндараст зæгъ, баныгæн мæ, гъе стæй хуыцау де ’мбал, æмæ-иу фæстæмæ дæ бынатмæ ацу. Æз дын ам year дæр бацагуырдтон: зондджын дæр у, рæсугъддæр, зæхх æмæ йæм фæллой дæр1 ис. Кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй, чи зоны, ракурай æмæ уæд ам’ баззайай». Жилин дæр хъуыдытыл фæци: «Æцæг раст у, ба- зæронд мæ мад, мийаг æй куынæ уал фенон. Ацæуон, кæд кæй мын амоны, уый мæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй, чи зоны, кургæ дæр ракæнон». Бацыдн булкъо-нмæ, баулæфыны рæстæг дзы ра- куырдта, йе ’мбæлттæн хæрзбон загъта, фæндарасты тыххæй цыппар ведрайы арахъ балхæдта йæ салдæт- тæн æмæ йæхи барæвдз кодта цæуынмæ. Кавказы уыцы рæстæджы цыди хæст. Фæндæгтыл æдасæй нæ дæр бон, нæ дæр æхсæв цæуæн уыд. Уы- рыссæгтæй-иу фидарæй чьтсыл исчи йе бæхыл, йе фи- стæгæй куы фæиппæрд ис, уæд-иу æй тæтæр кæнæ маргæ акодтой, кæнæ та-иу æй хохмæ уацары ахастой. Уымæ гæсгæ-иу къуыри дыууæ хатты иу фидарæй ин- 196
нæ фидармæ цыдысты хъахъæнæг салдæттæ бæлццæт- тимæ. Салдæттæ-иу цыдысты адæмæн сæ разæй æмæ сæ фæстæ. Хъуыддаг уыди сæрдыгон. Сæумæраджы чырæ æрæмбырди фидары фæстæмæ, рацыдысты хъахъæнæг салдæттæ, æмæ сеппæт дæр фæндагыл араст сты. Жи- лин уыд саргъы бæхыл, йæ дзаумæтты уæрдон та чы- рæимæ цыди. Цæуын сæ хъуыди фондз æмæ ссæдз версты. Чырæ цыди сабыргай: куы-иу æрлæууыдысты салдæттæ, куы та-иу чырæйæ искæмæн йæ цалх рахаудта, кæнæ- иу бæх нал цыди, æмæ-иу уæд сегас дæр ныллæууы- дысты æмæ-иу сæм æнхъæлмæ кастысты. Хур акъул, фæлæ чырæ уæддæр æрдæг фæндагæй фылдæр нæма ацыд. Рыг, æитæф, хур судзы, хи бау- уонгæнæн дæр никуы ис. Бæгънæг тьггъд быдыр: нæ- дæр дзы бæлас, нæдæр къудзи. Жилин разæй ацыд, æрлæууыд æмæ чырæмæ æн- хъæлмæ кæсы. Уалынмæ фæсте фехъуыст уадыпдзы уаст, æмæ та ныллæууыдысты. Уæд Жилин ахъуыды кодта: «Уæд та мæхæдæг иунæгæй ацæуин æиæ сал- дæттæй, замманай бæхыл куы бадын, — тæтæрыл куы сæмбæлон, уæддæр аирвæздзынæн. Æви ма ацæуон?» Æрлæууыд æмæ хъуыдытыл фæци. Уалынмæ йæм æрбаввахс æндæр афицер, Костылин, æд топн, æмæ йын зæгъы: — Цæуæм, Жилин, нæхæдæг. Мæ бон нал у, сыс- тонг дæн, стæй тынг æнтæф бон у. Хидæй донласты хуызæн ныддæн. — Костылин уыд стæвдтæарæзт, сырхцъар æмæ йæ хид æртахгай калд. Жилин ахъуы- дьт кодта æмæ йæ афарста: — Æмæ дæ топп ифтыгъд у? — Ифтыгъд у. — Цæй, цæугæл уæдæ. Æрмæст ахæм дзырдæй — нæ кæрæдзийæ куыд нæ фæиппæрд уæм. — Æмæ сæ фæндагыл дыууæйæ араст сты размæ. Цæуынц быды- рьг, ныхас кæнынц æмæ сæ цæст дарынц сæ алфæм- блаймæ. Сæ разы æппæт дæр уыцы дзæбæх зынд. Куыддæр быдыр фæци, афтæ фæндаг дыууæ хохы астæуты комы бацыд. Æмæ Жилин дзуры: — Рагъмæ суайын æмæ уырдыгæй афæлгæсын 7 /I. Н Толстои. 97
хъæуы, науæд хохæй куыд рагæплытæ кæндзысты, уый уынгæ дæр нæ фæкæндзынæ. Костылин ын дзуапп радта: — Цæмæ кæсыс? Размæ цом. Нæ йæм байхъуыста Жилин. — Нæ,—зæгъы уый,—ды мæм ам бынæй бан- хъæлмæ кæс, æз акæсон. йæхæдæг йæ бæх галиуæрдæм хохмæ фездæхта. Жилинæн йæ бæх тæлтæг уыди (байрагæй йæ рæ- гъауы дæс туманæй балхæдта æмæ йæ хæсгæ дæр йæ- хæдæг скодта); рагъмæ йæ уыцы иу скъæфт скодта. Рагъмæ куы схæццæ, уæд кæсы, æмæ раст иу дæсæ- тин æттæдæр йæ бакомкоммæ бæхтыл бадынц иу æртын тæтæйраджы. Уый сæ ауыдта æм.æ йæ бæх фæстæмæ куыд фæзылдта, афтæ йæ тæтæйрæгтæ ауыдтой æмæ йæ фæстæ сæ бæхтыл фæцагайдтой, тæхгæ-тæхын сæ топпытæ сæ агъудтæй фелвæстой. Жилин йæ бæхыуьь цы иу скъæрд ракодта фæзмæ æмæ Костылинмæ хъæр кæны: — Сæргъæв дæ топп! — йæхæдæг йæ бæхмæ фем- дзаст æмæ хъуыды кæны: «Мæ дарæг, аирвагзын мæ кæн, дæ къах ма скъуыр; куы фæкæлай, уæд фесæф- тæн. Тошшæ куы баирвæзон, уæд мæхи нæ раттдзы- нæн». Костылин та куыддæр тæтæры ауыдта, афтæ йе ’мбалмæ фæлæууыны бæсты фидары ’рдæм йæ бæх цыппæрвадыгæй фæцагайдта. Ехс атыхсы бæхæн куы йæ иу фарсыл, куы йæ иннæуыл. Æрмæст ма-иу ры- гæй фæзынди бæхæн йæ къæдзил. Р1æ хъуыддаг æвзæр кæй у, уый Жилин æмбæрста. Костылин топп ахаста æмæ ма Жилин иунæг æхсар- гардæй цы бакæндзæн! Фæстæмæ салдæтты ’рдæм йæ бæх фездæхта, — аирвæзынмæ хъавыд. Фæлæ йæ раз- мæ сæ бæхтыл æрбатæхынц æхсæз тæтæйраджы. Жи- линæн йæ бæх кæд хорз уыд, уæд уыдон бæхтæ та ноджыдæр хуыздæр уыдысты. Уайынц æм æмдзæхкæр. Уый афæнд кодта фæстæмæ фæзилын, фæлæ бæх стæвд ис æмæ ма йæ кæм уромы,—тæхы раст сæ комком- мæ. Кæсы æмæ йæмиу сырхзачъе тæтæйрагæрбаввахс цъæх бæхыл. Уыцы тæтæйраг хъæрахст кæны, йæ дæн- дæгтæ ныззыхъыр кодта, топп ифтыгъдæй дары. 98
«Цæй, — хъуыды кæны Жилин,— зонын уæ, хæй- рæджытæ; лæг сæм удыгасæй куы бахауа, уæд æй уæрмы ньшпардзысты æмæ йæ ехсæй нæмдзысты. Удæгасæй мæхи ницыхуызы раттдзынæн!» Жилин кæд асæй бæрзонд нæ уыд, уæддæр уыд хъæбатыр. Ие ’хсаргард фæцъортт ласта, йæ бæх ком- коммæ баскъæрдта сырхзачье тæтæйрагмæ, æмæ хъуы- ды кæны йæхи нымæр: «Кæнæ йæ мæ бæхы бын ныс- сæнддзынæн, кæнæ та йæ ме ’хсаргардæй окæрд- дзынæн». Жилины ма иу — фондз санчъехы куыд хъуыди бурхилмæ, афтæ йæ фæстæрдыгæй æрбагæрæхтæ код- той æмæ йæ бæх фæцæф ис. Бæх æвиппайды æрхауд. Жилины къах йæ быны фæци. Уый сыстынмæ куыд хъавыди, афтæ дыууæ тæфгæ- наг тæтæйраджы йе '’ккой абадтысты æмæ йын йæ къухтæ фæстæрдæм бæттыныл фесты. Жилин йæхи атыдта. Фехста тæтæйрæгты йе ’ккойæ, фæлæ йæм уæдмæ бахæццæ сты иннæ тæтæйрæгтæ, бæхтæй ра- гæппытæ кодтой, базгъордтой йæм æмæ йын топпыты сыдзтæй йæ сæр нæмын байдыдтой. Жилинæн йæ цæ- стытæ атартæ сты æмæ бадзойдзой кодта. Уæд тæтæр уæлдай æхтæнгтæ сæ сæргътæй феуæгъд кодтой, йæ къухтæ йын йæ фæсонтæм бабастой æмæ йæ саргъмæ зæххыл баластой. Фелвæстой йын йæ худ, йæ цыры- хъытæ йын раластой, йæ уæлæ дарæс ын ныппырх кодтой, йе ’хцатæ æмæ йын йæ сахат айстой. Жилин ма йæ бæхмæ ракаст. Уый, мæгуыр, йæ фарсыл куыд æрхауд, афтæмæй фæрсылæй баззад, æрмæст ма йæ къæхтæ цагъта, фæлæ йын зæххмæ нæ хæццæ кодтой, йæ ных — цæф æмæ йæ сау туг лæоæнтæ кæны, йæ алыфарс иу адылийы бæрц рыгимæ сызмæсти. Бæхмæ иу тæтæйраг бацыди, йæ саргъ ын исы, бæх ма зæвæтдзæгъдæн кодта. Тæтæйраг йæ хъама фел- вæста æмæ йын æй йæ хурхыл æрбауагъта. Туг фе- мæхсти æмæ сæххæтт кодта хурхæй. Тæтæр бæхæн йæ саргъ æмæ йæ дзауматæ систой. Сырхзачъе тæтæйраг йæ бæхыл абадти, инна&тæ та йын Жилины йæ фæсарцмæ баргъæвтой æмæ Жилин цæмæй ма ахаудаид, уый тыххæй ма йæ барæджы 99
ронмæ гæрзæй æрбалхъывтой æмæ йæ афтæмæй хæх- тырдæм ахастой. Жилин бады тæтæйраджы фæсарц, дзойдзой кæны, йæ цæсгом тæфгæнаг тæтæйраджы чъылдымы ’рдæм. Æрмæст дæр уыны тæтæйраджы сæвджын фæсонтæ, нуарджьгн бæрзæй æмæхудыбынæй зыны йæ даст къæ- бут. Жилинæн йæ сæр цæф у æмæ йæ туджы æртæхтæ йæ ныхыл ныхъæбæр сты. Нæдæр ын фезмæлæн ис, нæдæр йæ туг асæрфæн. Къухтæ афтæ тыыг здыхт сты æмæ ма суанг йæ бæхбæттæн стджытæ дæр риссынц. Бирæ фæцыдысты, доныл цæхкæрмæ бахызтысты, фæндагмæ бафтыдысты æмæ комы фæцæуынц. Жилины фæндыдис цы фæндагыл æй хæссыпц, уый базонын, фæлæ йæ цæстытæ уыдысты тугæй ахуырст æмæ йæ кæоæн нæ уыд. Талынг кæнын райдыдта: иу къаннæг доны сæрты ма ахызтысты, фæхæрд кодтой иу дурджын хохыл, фæздæджы тæф сыл сæмбæлди, срæйдтой куыйтæ. Æрхæццæ сты иу хæххон хъæумæ. Сæ бæхтæй æрхызтысты тæтæйрæгтæ, æрбакалды- сгы тæтæры сывæллæттæ, æртыгуыр сты Жилиныалы фарс, хъæрахст кæнынц, цин кæнынц, дуртæ йыл цæ- вынц. Тæтæйраг сывæллæтты иуварс асырдта, раргъæвта бæхæй Жилины æмæ фæсидти й.æ кусæгмæ. Уадул- джын ногъайаг æрбауад афтид хæдоны мидæг. Йæ хæдон скъуыдтæ, йæ риуыкъæй æгасæй дæр гом. Цы- дæр ын афæдзæхсга тæтæйраг. Кусæг æрбаскъæфта хъадаман: дыууæ тулдз къуыдыры æфсæйнаг цæгтыл конд, иу цæгыл дзы гуыдыр æвæрд. Жилинæн йæ къухтæ райхæлдтой, хъадаман ыл сæвæрдтой, акодтой йæ сарамæ, басхуыстой йæ уыр- дæм æмæ йыл дуар сæхкæдтой. Жилин фаджысыл æр- хауд. Иу чысыл афтæмæй фæци, стæй талынджы æрæскæрста, æмæ фæлмæндæр кæм уыд, уым æр- хуыссыд. II Уыцы æхсæв суанг бонмæ нæ бафынæй Жилин. Æхсæвтæ цыбыр уыдысты. Уыны — дуары зыхъырæй рухс кæлын байдыдта. Сыстад Жилин, зыхъыр ра- 100
къахта, фæегъаудæр æй кодта æмæ уырдыгæй кæсы. Зыхъырæй йæм зыны фæндаг коммæ куыд ныццы- ди, уый, рахизæрдыгæй тæтæйраг хæдзар, йæ фарсмæ дыууæ бæласы. Иу сау куыдз хуыссы къæсæрыл, сæгъ йæ сæныччытимæ разил-базил кæны, сæ къæдзил- тæ тилгæйæ. Жилин уыны, комæй ссæуы иу æрыгоп тæтæйраг чызг, хуызджын хæдоны ронбæгъдæй, даргъ хæлаф æмæ цырыхъыты мидæг, йæ сæрыл та стыр го- гон донимæ. Цæуы, йе уæнгтæ базмæлынц, ратас-ба- гас кæнынц, йæ къухыл хæцгæйæ та кæны иу дастсæр сывæллоны афтид хæдоиы мидæг. Чызг хæдзармæ ба- ивгъуыдта донимæ, æттæмæ рацыди сырхзачъе тæтæй- par зæлдаг куырæты, йæ астæуыл æвзист хъама баст, йæ къæхтыл басмахъытæ æнæ цъыидатæй, йæ сæрыл бæрзонд сау фысдзарм худ, фæстæрдæм састæй. Ра- хызти, йæхи аивæзтытæ кодта, йæ сырхзачъе адаудта. Алæууыд, кусæгæи цыдæр афæдзæхста æмæ кæдæм- дæр араст. Уый фæстæ Жилины цурты дыууæ лæппуйы сæ бæхты дон дарынмæ ракодтой. Бæхтæн сæ хæмхуд- тæ уымæл. Разгъордтой ма къаннæг дастсæр лæппутæ, сеппæт дæр æнæхæлæфтæй, афтид хæдæтты, æрбаты- гуыр сты, бацыдысты сарайы размæ, райстой уисы къалиу æмæ йæ зыхъырæй мидæмæ тъыссынц. Жилин сыл фæхъæр кодта. Лæппутæ сцъæхахст кодтой æмæ лидзынмæ фесты, æрмæст сæ гом уæраджы сæртæ æрттивынц. Жилинæн тынг дойны у, йæ ком ныххус. Хъуыды кæны: уæд та мæм бæрæг кæньшмæ куы æрцæуиккой. йæ хъустыл ауад, сарайы дуар кæй гом кæнынц. Æр- бацыд сырххил тæтæйраг, йемæ та иу æндæр ныллæг- гомау, саулагъз лæг, йæ цæстытæ сау, ирд, сырхуа- дул, цыбыр æлвыд зачъеджын. Иæцæсгом — хъæлдзæг, худæндзаст. Саулагъз хуыздæр арæзт у: цъæх зæлдаг куырæт ыл — хæрдгæ быдтæ хуыд. Иæ роныл стыр æв- зист хъама баст, йæ басмахъытæ сырх сæракæй конд, уыдоныл дæр хæрдгæ быдтæ уагъд. Тæнæг басмахъы- ты æтте æндæр бæзджын басмахъытæ конд. Бæрзонд, урс фысдзарм худ йæ сæрыл. Æрбахызти сырххил тæтæйраг, цыдæртæ сдзырд- 101
та, цыма, хыл кæны æмæ æрлæууыд, йæ рæмбыны къæдзæй æрæнцой кодта дуарыл, йæ хъамайæ архайы, бирæгъау бакæсы Жилинмæ йæ дыууæ æрфыджы бынæй. Саулагъз та—цæрдæг, удыгас, раст цыма хъандзæлттыл конд у, — бацыди Жилинмæ, æрбадти дзуццæджы, бахудти, æрхоста йын йæ уæхок, тагъд- тагъд цыдæртæ сæхи ’рдыгонау адыгъал-дыгъул код- та, йæ цæстытæ æрныкъуылдта, йе ’взагæй цъыччытæ кæны æмæ дзуры. «Корошо, урус! Корошо, урус!» Жилин ницы бамбæрста æмæ йæм дзуры: «Дон мын нуазынæн радтут, дон!» Саулагъз худы. «Корош, урус!» зæгъгæ, — та йæм йæхи ’рдыгонау дыгъал-дыгъул кæны. Уæд Жилин йæ былтæ æмæ йæ къухтæй ацамыдга, цæмæй йын дон радтой. Саулагъз æй бамбæрсга, бахудтн, дуармæ ракасти, кæмæдæр фæхъæр кодта: «Динæ!» Æрбазгъордта лыстæг, мæллæггомау, æртындæсаз- дзыд чызг, цæогомæй саулагъзы хуызæн. Бæрæг у йæ чызг кæй у, уый. Уымæн дæр йæ цæстытæ сатæг сау, ирд, йæ цæсгом — рæсугъд. Йæ уæлæ даргъ уæрæх дысджын цъæх къаба, æнæ ронæй. Къабайæн йæфæч- читыл, йæ риуыл æмæ йæ дыстыл сырх хъуымацы уадздзæгтæ хуыд. Йæ уæлæдаргъ хæлаф, йæкъæхгыл басмахъытæ, уыдоны æтте та æндæр бæрзонд зæвæт- джын басмахъытæ, йæ хъуырыл уырыссаг сомырд- джыты хал, фæрдгуыты бæсты, йæ быд сау дзыкку- тыл лент баст, лентыл та ауыгъд — æзгъæр сыф æмæ æвзист сом. Йæ фыд ын цыдæр афæдзæхста. Чызг азгъордта æмæ та фæстæмæ фездæхт, æрбахаста гогон. Балæ- вæрдта дон, йæхæдæг дзуццæджы æрбадти, йæхи афтæ ныкъæдзтæ кодта æмæ йæ уæхсчытæ йæ уæрджы- тæй фæдæлдæр сты. Йæ цæстытæ ныдздзагъыр -кодта, афтæмæй бады æмæ Жшшн дон куыд нуазы, уымæ кæсы, сырдмæ кæсæгау. Жилии æм фæстæмæ гогон балæвæрдта æмæ уæд чызг æвиппайды сæгуыты гæпп аласта иуварсмæ. Иæ фыд дæр ма бахудтис. Ноджы ма йæ кæдæмдæр ар- выста. Уый гошн йемæ айста, азгъордта, æрбахаста ног конд кæрдзын тымбыл фæйнæгыл, æмæ та æрбад- 102
ти, йæхи та æркъæдз кодта, йæ цæстытæ дзы нæ исы. кæсы йæм. Тæтæйрæгтæ дуар сæхкæдтой æмæ ацыдыеты. Чы- сыл фæстæдæр Жилинмæ æрбаздæхт уыцы ногъайаг яемæ йæм дзуры: — Айда, хозяин, айда! Уый дæр уырыссагау нæ зыдта. Фæлæ йæ Жилин бамбæрста, кæдæмдæр æй кæй цæуын кæны, уый. Арасти Жилин йæ хъадаман йæ уæлæ, афтæмæй, къуылых цæуы, нæй йын æрлæууæн, йæ къах зулмæ исы. Жилин рахызти ногъайаджы фæдыл, уыны тæ- тæйраг хъæу, ис дзы дæс хæдзары бæрц æмæ сæ мæз- джыт æд мæсыг. Иу хæдзары раз лæууынц æртæ бæ- хы саргъæвæрдæй. Лæппутæ сын сæ идоны рохтыл хæцынц. Уыцы хæдзарæй рахызт саулагъз тæтæйраг, йæ къух Жилинмæ фæтылдта, цæмæй йæм бацæуа, уый тыххæй. Иæхæдæг худы æмæ сæхирдыгонау цы- дæртæ дзуры, стæй мидæмæ бахызт. Жилин хæдзармæ бацыд. Уат уыд аив, йæ къултæ æлыгæй лæгъз сæрст. Раззаг къулы раз сынтæгыл бумбули гобæттæ, хъулон цъæртты мидæг, къултыл зынаргъ гауызтæ ауыгъд, гауызтыл топпытæ, дамбацатæ, æхсаргæрдтæ — иууыл- дæр æвзист доны тылд. Иу къулы дзы зæххы æмвæз къаннæг пец. Хæдзар у зæхбын, мусау, сыгъдæг, йæ раззаг къуым у иууылдæр нымæттæй тыд, нымæтты уæлæ гауызтæ, гауызты уæлæ та бумбули базтæ. Га- уызты уæлæ бадынц айдагъ басмахъыты мидæг тæ- тæр. Саулагъз, сырхзачъе æмæ ма æртæ уазæджы. Алкæмæн дæр сæ фæсонты фæстæ бумбули базтæ æвæрд, сæ разы та тымбыл фæйнæгыл еууæй конд лауызтæ, къусты мидæг царв, дурыны та тæтæйраг бæгæны. Уыдон хæрынц се ’нгуылдзтæй æмæ се ’нгуылдзтæ сты сойæдзаг. Фæгæпп ласта саулагъз, æмæ загъта, цæмæй Жи- лины гауызыл нæ, фæлæ йæ иуварс зæххыл сбадын кæной, сбадти та йæхæдæг гауызыл æмæ уазджыты хынцы лауызтæй æмæ бæгæныйæ. Кусæг Жилины фæовæд æрбадын кодта, йæхæдæг раласта йе ’ттаг басмахъытæ, æрæвæрдта сæ фæсдуар иннæ басмахъы- ты фарсмæ æмæ нымæтыл æрбадти хицæуттæм æв- 103
вахсдæр, кæсы сæм куыд хæрынц, уымæ, æмæ йæ комы дæттæ асæрфы. Тæтæр лауызтæ бахордтой, æрбацыд сæм иу æры- гон тæтæйраг сылгоймаг, ууыл дæр, чыз-гыл цы къаба æмæ хæлаф уыд, ахæмтæ; йæ сæрыл кæлмæрзæн. Лхаста царв, лауызтæ, балæвæрдта сæм хорз тæгæна •æмæ уынгæгхъуыр хъуывгъан. Тæтæйрæгтæ сæ къухтæ цæхсадтой, стæй сæ сæ риутыл дзуарæвæрд скодтой, сæ зонгуытыл слæууыдысты, азылдысты алырдæмты æмæ скуывтой. Сæхирдыгонау аныхæстæ кодтой æмæ уый фæстæ тæтæйраг уазджытæй иу Жилины ’рдæм разылди æмæ йæм уырыссагау дзурын райдыдта: — Дæу, зæгъы, æркодта цагъары Хъази-Мæхæ- мæт, — йæхæдæг амоны сырхзачье тæтæйрагмæ, — æмæ дæ радта Абдул-Муратæн, — амоны саулагъз тæтæйрагмæ. —- Ныр Абдул-Мурат у дæ хицау. Жилин сыбыртт нæ кæны. Сдзырдта Абдул-Мурат, æнæрынцойæ амоны Жиличмæ йæ къухæй, худы, æмæ дзуры: «Салдат, урус, урус, корошо». Тæлмацгæнæг ын зæгъы: «Уый дын уæхимæ писмо фыссын кæны, цæ- мæй дын дæ балхæнæггаг æхца æрæрвитой. Куыддæр дын æхца рарвитой, афтæ дæ ауадздзæн». Жилин ахъуыды кодта æмæ загъта: — Æмæ æлхæнæггаг бирæ куры? Тæтæирæгтæ аныхас кодтой; тæлмацгæнæг ын зæгъы: — Æртæ мин сомы. — Нæ,— зæгъы Жилин,—уый бæрц бафидын мæнæи мæ бон нæу. Абдул фесхъиудта, райдыдта йæ къухтæ тилын, цы- дæр дзуры Жилинæн— æнхъæл у, зæгъгæ йæ бамбар- дзæн. Тæлмацгæнæг раивта, зæгъы: «цас, дам, рат- дзынæ ды?» Жилин ахъуыды кодта æмæ загъта: — Фондз сæдæ сомы. Уæд тæтæйрæгтæ æмхуызоиæй сдзырдтой. Абдул хъæр кæнын райдыдта сырхзачъеджыныл, афтæ тагъд дзырдта æмæ-иу йæ сæт йæ дзыхæй ракалд. Сырхзачъеджын ма йæ цæстытæ ныцъынд кодта æмæ йе ’взагæй цъыбарцъыбур кæны. Уыдоп басабыр сты, тæлмацгæнæг дзуры: — Хицауæн фондз сæдæ сомы чысыл сты, йæхæ- дæг дыл дыууæ сæдæ сомы бафыста, Хъази-Мæхæмæт 1(Н
дзы даргæ кæны. йæ хæсмæ дæ райста. Æртæ мин сомы, уымæй къаддæрыл дын ауадзæн нæй. Кæд нæ иыффыссай, уæд та дæ уæрмы ныппардзысты æмæ дæ ехсæй нæмдзысты. «Эх, — хъуыды кæны Жилин, — адонæй цас тынг- дæр тæрсай, уыйас — фыддæр». Йæ къæхтыл алæууыд æмæ дзуры: — Дьг та йын, уыцы куыдзæн зæгъ, кæд мæ тæр- сын кæнынмæ хъавы, уæд ын иу капекк дæр нæ ратт- дзынæн æмæ фысгæ дæр пæ ныккæндзынæн. Нс£ тар- стæн æмæ уæ тæрсгæ дæр нæ кæндзынæн, куыйтæ. Тæлмацгæнæг сæ раивта’ æмæ та æвиппайды æм- хуызонæй сдзолгъо-молгъо кодтой. Бирæ фæрадзур-бадзуры фæстæ уыцы саулагъз фæгæпп ласта æмæ Жилинмæ бацыд. — Урус, — зæгъы, — джигит, джигит урус! Джигит уыдонырдыгонау «сæрæн» хуыйны; уæд йæхæдæг худы, цыдæртæ загъта тæлмацгæнæгæн æмæ тæлмацгæнæг дæр сдзырдта: — Мин сомы, дам, æри. Жилин ныллæууыд йæхи ныхасыл: «фондз сæдæ сомæй фылдæр нæ раттдзынæн. Маргæ мæ куы акæнат, уæд та исгæ ницыуал акæндзыстут». Тæтæр аныхæстæ» кодтой. Арвыстой кæдæмдæр ку- сæджы, сæхæдæг куы дуармæ, куы та Жилинмæ ба- кæстытæ кæнынц. Кусæг æрбацыд, йæ фæдыл æрба- хызт цавæрдæр лæг, бæрзонд, ставд, бæгъæввад, скъуыдтæ дзаумæтты; уымæи дæр йæ къæхтыл хъада- ман æвæрд. Жилин джихæй аззад, базыдта Костылины. Уый дæр æрцахстой. Фæрсæй-фæрстæм сæ сбадын кодтой; сæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ дзурын райдыдтой, тæ- тæр та æнцад лæууынц æмæ сæм кæсынц. Жилин ра- хабар кодта куыд æй æрцахстой, уый. Костылин дæр радзырдта, йæ бæх йæ быны куыд ныллæууыди, йæ топп куыд фæсыкк и æмæ йæ мæнæ уыцы Абдул куыд баййæфта æмæ йæ куыд ракодта, уыдæттæ. Фæгæпп кодта Абдул, ацамыдта Костылинмæ æмæ цыдæртæ дзуры. Тæлмацгæнæг ын йæ ныхæстæ раив- та, зæгъгæ, ныр дыууæ ахæсты дæр иу хицауы къухы 105
кæй сты, æмæ дзы раздæр æлхæнæггаг чи бафида, уый раздæр уагъд кæй æрцæудзæн. — Ды æдзухдæр мæсты кæныс, — зæгъы Жили- нæн, — фæлæ де ’мбал сабыр у; уый сæхимæ писмо ныффыста æмæ йын фондз мины сæрвитдзысты, хæ- ринагæй йæм хорз зилдзысты, хъыг дæр æй нæ дар- дзысты. Уæд Жилин загъта: — Me ’мбалæн йæ бар йæхи; уый, чи зоны, æмæ хъæздыг у, æз та хъæздыг нæ дæн. Æз куыд загътон, афтæ уыдзæн. Кæд уæ фæнды — амарут мæ, уымæй уыл ницы бафтдзæн, фондз сæдæ сомæй фылдæрыл та фысгæ нæ ньжкæндзынæн. Ныосабыр сты. Æвиппайды Абдул фæтæррæст код- та, æрбадавта иу къаннæг чырын, систа дзы сис гæххæтты гæбаз æм-æ чернилæ, Жилины къухты сæ фæсагъта, йæ уæхск ын æрхоста æмæ йын амоны: «фысс», зæгъгæ. Фондз сæдæ сомыл сразы ис. — Фæлæу м.а7—дзуры Жилин тæлмацгæнæгæн,— зæгъ ын, хорз нæм куыд зила, уæлæ дарæс æмæ къахы дарæс ныл куыд æмбæлы, афтæ куыд скæна, иумæ нæ куыд дара, хъæлдзæгдæр ньтн уыдзæи, нæ хъадамантæ дæр нын куыд рафтауа. — Иæхæдæг йæ хицаумæ кæ- сы æмæ худы. Хицау дæр худьт. Байхъуыста йæм æмæ загъта: — Дарæсæй сып æппæты хуыздæр раттдзынæн: цухъа уæд, цырыхъытæ, устытæ дæр-ма ракурæнт, æлдæртты хуызæн сæм зилдзынæн. Кæд сæ иумæ цæ- рын фæнды, уæд сарайы цæрæнт. Хъадамантæн та æфтауæн нæй — афардæг уыдзысты. Æрмæст-иу сын сæ æхсæв рафтаудзынæн. — Æрбауад æмæ Жилины уæхск æрхоста: «Твоя хорош, моя хорош!» Ныффыста Жилин писмо, фæлæ йæ адрис барæй раст нæ ныффыста, — цæмæй ма фæхæццæ уа. Йæхæ- дæг хъуыды кæны: «Æз алидздзынæн». Акодтой Жилины Костылинимæ сарамæ, уырдæм сын æрбахастой нартхоры хæтæлтæ, дурыны дон, кæр- дзын, дыууæ зæронд цухъайы æмæ скъуыдтæ салдат- таг цырыхъытæ. Мард салдæттæй сæ кæй раластой, уый бæрæг уыд. Æхсæвы сын сæ хъадамантæ раф- тыдтой æмæ сыл сарайы дуар сæхкæдтой. 106
Ill Гъе, афтæ царди Жилин йе ’мбалимæ æгас мæйы дæргъы. Хицау фæхуды: «Твоя, Иван, хорош, — моя, Абдул, хорош» фæлæ сын хæрын æвзæр кодта, л-æ- вæрдта сын æрмæст еууы ссадæй лауызгæндтæ, кæнæ та хом хыосæ. Костылин ноджыдæр арвыста сæхимæ писмо, æдзух æнхъæлмæ касти æхцамæ æмæ хъыг кодта. Бон изæрмæ бады сарайы æмæ бонтæ нымайы, кæд æр- хæццæ уыдзæн писмо; кæнæ та фынæй фæкæны. Жи- лин та йæ зонгæ кодта, йæ писмо кæй нæ фæхæццæ уыдзæн, уый, æмæ дыккаг нал ныффыста. «Кæм ссардзазн, — хъуыды кодта Жилин, — мæ мад уый бæрц æхца, мæн балхæныны тыххæй? Иæхæдæг /;æр, мæгуыр, æз ын кæй æрвыстон, уымæй куы цар- ди. Уый фоидз сæдæ сомы куы -æрæмбырд кæна, уæд бынтон гæвзьиккæй куы баззайдзæн; цæй, кæд хуыцауы фæнда, уæд мæхæдæг аирвæздзынæн». Йæхæдæг алырдæм йæ цæст дардта æмæ æппæт дæр бæрджытæ кодта, цæмæй алидза, уый тыххæй. Хъæуыл зилы æмæ æхоитт кæны, кæнæ та бады æмæ исты архайы — куы æлыгæй куклатæ аразы, кæнæ уис- тæй гыццыл каутæ бийы, Жилин къухæй алы куыстмæ дæр тынг дæсны уыди. Иу хатт æлыгæй кукла скодта; фындз, къухтæ, æмæ йын къæхтæ сарæзта, йæ уæлæ та йын тæтæйраг хæ- дон скодта æмæ йæ уæлхæдзар сæвæрдта. Тæтæйраг чызджытæ донмæ фæцæйцыдысты. Йæ хицауы чызг Динæ ауыдта куклайы æмæ йе ’мбæлттæм фæдзырдта. Уыдон сæ гогонтæ æрæвæрдтой, кæсынц æмæ худынц. Жил’ЮН райста кукла æмæ сæм æй дæтты. Чызджытæ худынц, фæлæ йæ райсын нæ уæндынц. Уый кукла уым ныууагъта, ацыди сарамæ æмæ аивæй кæсы, кæд- дæра цы кæндзысты? Базгъордта Динæ, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, фелвæста кукла æмæ алыгъд. Дьиккаг бон Жилин райсомæй кæсы æмæ уыны Динæ сæумæраджы йæ куклаимæ дуарм.æ рацыди, 1су1клайыл сырх хæцъилтæй дарæс скодта æмæ йæ сы- вæллоны уызт кæны, йæхæдæг ын сæхирдыгонау за- ры. Рацыди зæронд ус, хæцыд æм, раскъæфта йын йæ 107
кукла, асаста йæ æмæ Динæйы кæдæмдæр кусынмæ арвыста. Сарæзта Жилин æндæр кукла, æмæ йæ радта Ди- нæйæн. Иу хатт Динæ гыццыл дурын æрбахаста, æрæ- вæрдта йæ, сбадти æмæ йæм кæсы, йæхæдæг худы, дурынмæ амонгæйæ. «Цæуыл цин кæны?» хъуыды кæны Жилин. Систа дурын æмæ нуазы. Æнхъæлдта дон у, фæлæ дзы æх- сыр уыд. Æхсыр банызта. «Хорз», зæгъгæ йын загъ- та. Уæд Динæ дæр сцин кодта! — Хорз, Иван, хорз! — фæгæпп ласта, йæ къухтæй сæмдзæгъд кодта, дурыы фелвæста æмæ алыгъди. Уæдæй фæстæмæ Динæ алы бон дæр Жилинæн су- сæгæй æхсыр хæссын байдыдта. Тæтæр-иу сæгъы цых- тæй лауызтæ арæзтой æмæ сæ уæлхæдзар хус кодтой. Уыдонæй дæр ьш-иу Динæ сусæгæй хаста. Иу хатт хи- цау фыс аргæвста æмæ йын уымæй дæр иу карст йæ дысы æрхаста. Æрбаппæрста-иу æм æй æмæ та- иу алыгъд. Уыди тæрк къæвда, æпæхъæн сахат, къæртайæ ка- лæгау, уарыд. Дæттæ размæстысты. Донуайæн кæм уыд, уым дон æртæ æрмæрины фæбæрзонддæр ис, фæлдахы дуртæ. Алы рæтты мæсчъы дæттæ згъорынц. Хæхтæ гыбаргыбур кæнынц. Куыддæр тæрк къæвда банцад, афтæ хъæутæм алырдыгæй къада дæттæ уа- дысты. Жилин йæ хицауæй хæрынкъа ракуырдта, са- мадта валик, æмæ фæйнæджы гæбаз, басагъта сæцал- хыл, цалхы дыууæ кæроныл та куклатæ бафидар кодта. Чызджытæ йын хæцъилтæ æрхастой, куклатæн сæ дарæс скодта: иуы — лæджы, иннæйы та—усы хуызæн. Цалх æрæвæрдта доныл. Цалх зилы, куклатæ та гæппытæ кæнынц. Æрæмбырд æгас хъæу: лæппутæ, чызджытæ, усты- тæ; æрцыдысты лæгтæ дæр, се ’взæгтæй цъыччытæ кæиынц. — Ай, урус! Ай, Иван! ^Абдулмæ уыди уырыссаг саст сахат. Фæдзырдта уый Жилинмæ, æвдисы йын æй, йе ’взагæй цъыччытæ кæны. Жилип ын зæгъы: — Æри’ ма саразон дын æй. Райста йын æй, схæйттæ йæ кодта къаннæг хæрын- 108
къайæ. Фæстæмæ та сæ бакодта æмæ йæм æй радта. Сахат скуыста. Хицау бацин кодта, æрбахаста йынзæронд скъуыд- тæ куырæт, балæвар ын æй кодта. Цы гæнæн уыди — райста йæ: æхсæв хи бамбæрзынæн уæддæр бæззы. Уæдæй фæстæмæ Жилинæн йæ кой айхъуысти. зæгъгæ, дам, стыр дæсны къухты хицау у. Райдыдтой иæм дæрдтаг хъæутæй дæр цæуын; чи йæм-иу æрбаха- ста топпы сампал саразынмæ, чи дамбаца, чи сахат. Хицау ын æрхаста кусæн дзаумæттæ: аркъау, бырау æмæ гыццыл хырхытæ. Иу хатт иу тæтæйраг фæрыичын и, æрцыдысты Жилинмæ: «Цом сдзæбæх æй кæн!» Жилип ницы зыд- та йе сдзæбæх кæнынæн. Ацыди, федта йæ, хъуыды кæны: «Чи зопы йæхи æгъдауæй сдзæбæх уа». Бацы- ди сарамæ, райста дон, змис, сызмæста сæ. Тæтæры цур донæн асусу-бусу кодта, æмæ йæ рыпчынмæ ануа- зынæп радта. Йæ амондæн тæтæйраг сдзæбæх ис. Жилин сын гыццылгай се ’взаг æмбарын байдыта: цы тæтæйрæгтæ йыл фæцахуыр сты, уыдоны-иу куы ба- хъуыд, уæд-иу æм фæдзырдтой: «Иван! Иван!» Аннæ- тæ та йæм, сырдмæ кæсæгау, зулмæ кæсынц. Сырххил тæтæйраг нæ уарзта Жилины. Куы-иу æй федта, уæд-иу йæхи ныхъуынтъызтæ кодта æмæ-иу ин- нæрдæм азылд. Кæнæ та-иу ыл хъæр кодта. Уыдис ма сæм ноджы иу зæронд лæг дæр. Уый хъæуы нæ цар- ди, фæлæ-иу кæцæйдæр хохрæбынæй ссыди. Федта-иу æй Жилиы, мæзджытмæ хуыцауæн кувынмæ куы ф,æ- цæйцыди, æрмæст дæр уæд. Уый асæй уыди къа’ннæг, йæ худыл урс кæттаг хисæрфæн тыхт. йæ боцъо æмæ й,æ рихитæ цыбыр æлвыд, бумбулиау урс, йæ цæс- гом та æнцъылдтæ æмæ, агуыри дурау сырх, йæ фындз, цæргæсы бырынкъау гуыбыр, йæ цæстытæ цъæх, мæ- стыгъуыз, йæ дзыхы дæндаджы хъæстæ нæй, дыууæ ссырæй дарддæр. Сарыхъ йæ уæлæ, афтæмæй-иу лæ- дзæджы æнцæйтты куы рацæйцыд, уæд-иу бирæгъы каст кодта алырдæ!м. Жилины-иу куы ауыдта, уæд-иу схуырхуыр кодта æмæ-иу иннæрдæм азылди. Иу хатт Жилин ныццыди хохрæбынмæ, уыцы зæ- ронд кæм цæры, уый фенынмæ. Фæндагæй иуварсмæ фсздæхт æмæ уыны къаннæг цæхæрадон, дурын бы- 109
руйæ æхкæд. Быруйæ æттæмæ зындысты бал бæлæстæ æмæ ныллæг уæлхæдзарджын къаннæг хæдзар. Бацы- ди йæм æввахс дæр, кæсы æмæ дзы федта хъæмпæй быд мыды чыргъæдтæ, мыды бындзытæ, гуывгуыв гæнгæ, тæхынц. Зæронд лæг дæр йæ уæрджытыл лæууы, цыдæр архайы мыды чыргъæдты фарсмæ; Жи- лин, цæмæй мидæмæ бакастаид, уый тыххæй йæхи си- вæзта æмæ йæ хъадаманты хъæр ссыди. Зæронд фæ- касти, йæ фæсронæй дамбаца фелвæста æмæ дзы Жи- лины фехста. Уый ма куыддæртæй дуры фæстæ ам- бæхсти. Зæронд ын йæ хицаумæ хъаст кæнынмæ æрцыди. Хицау фæсидт Жилинмæ, йæхæдæг худы æмæ йæ фæрсы: — Ды зæрондмæ цæмæ цыдтæ? — Æз ын æвзæрæй ницы кодтон,—за-гъта Жи- лин, — мæн æрмæст дæр фæндыди куыд цæры, уый базонын. Хицау дæр сæ радзырдта зæрондæн. Зæронд смæ- сты. Цыдæртæ дыбал-дыбул кæны, йе ссыртæ зыхъы- рæй дары, Жилинмæ къухтæ тилы. Жилин сæ иууыл- дæр нæ рахатыди, фæлæ бамбæрста, зæронд кæй ар- дауы хицауы, цæмæй уырыссæгты ма дарой хъæуы, фæлæ сæ амарой. Зæронд ацыд. Уæд Жилин бафарста хицауы, «уый цавæр зæронд лæг у?» Хицау ын загъта: — Уый стыр лæг у! Уьгй сæрæнтæй сæрæндæр уыд, уый бирæ уырыссæгты фæцагъта, хъæздыг уыди. Уы- мæн уыди æртæ усы æмæ аст фырты. Иууылдæр цар- дысты иу хъæуы. Æрцыдысты уырыс, хъæу ныппырх кодтой, йæ авд фырты йын амардтой. Йæ фырттæй ма иу фервæзт æмæ уырысмæ йæхи радта. Зæронд дæр ацыд æмæ уырысмæ йæхи радта. Фæцарди сæм æртæ мæйы; йæ фырты ссардта, йæхæдæг æй амардта æмæ алыгъди. Уæдæй фæстæмæ йæ хæстон хъуыддаг ныу- уагъта, æмæ Чабæмæ хуыцауæн кувынмæ ацыди. Гъет уый тыххæй дары ахæм сарыхъ дæр. Чабæйы чи уыд, уый хадзы хонынц æмæ сарыхъ дары. Уый сымах адæ- мы нæ уарзы. Дæу дæр марын кæны, фæлæ мæнæн дæу марæн нæй, æз дыл æхца бафыстон, стæй дæ ба- уарзтон, æз дæ маргæ нæ, фæлæ уæхимæ дæр нал ауадзин, дзырд дын куы нæ радтаин, уæд.—Худы 110
æмæ йæхæдæг уырыссагау дзуры: «твоя, Иван, хорош, моя Абдул, хорош!» IV Афтæмæй Жилин фæцарди иу мæй. Боныгон хъæ- уыл фæзилы æмæ æрмдæсныйады куыст кæны, куыд- дæр æризæр вæййы æмæ хъæу æрсабыр вæййы, афтæ уый дæр йæ сарайы къул къахын райдайы. Зын уыди дурын къул къахын, фæлæ хырхæй хафын байдыдта дуртæ æмæ къулы бын фæхуынкъ кодта, куыд дзы ралæстаид, афтæ. «Æрмæст, — хъуыды кодта уый,— бынат бæлвырд куы базонин, кæцырдæм цæуын хъæуы, уый. Фæлæ йæ тæтæрæй ничи хъæр кæны». Мæнæ иу хатт равзæрста рæстæг, куыддæр йæ хи- цау кæдæмдæр ацыд, афтæ фæссихорты хъæуы фæстæ хохмæ ссыди, уырдыгæй хъуамæ бынæттæ сбæрджытæ кодтаид. Фæлæ хицау балцы куы цыди, уæд бафæ- дзæхста лæппуйæн, йæ хъус æм куыд дара æмæ æдзухдæр йæ фæдыл куыд цæуа, афтæ. Æмæ ньтр лæппу дæр Жилины фæдыл згъоры æмæ хъæр кæны: — Ма цу! Мæ фыд бар нæ радта. Ныртæккæ адæммæ фæдзурдзынæн! Жилин ын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Æз дард нæ ацæудзынæн, æрмæст дæр уæлæ уыцы хохмæ соæудзынæн, кæрдæг мæ ссарын хъæуы, уæ адæмы сдзæбæх кæнынæн. Цо>м мемæ; хъадаман æвæрдæй нæ алидздзынæн. Дæуæнтарайсом фат <æмæ æрдын сараздзынæн. Сразы кодта лæппуйы, ацыдысты. Акæсгæйæ, хох дард бæргæ нæу, фæлæ хъадаманимæ цæуын зыи у; цьщи, цыди, тыххæй-фыдæй схæццæ ис. Сбадти Жилин, бынæттæ бæрджытæ кæнын райдыд- та. Сарайы фæстæ адагмæ æмбисбон рæгъау цæуынц, дæлдæр та æндæр хъæу зыны, уыцы хъæуæй фалдæр æндæр хох, ноджы къулдæр. Уыцы хохы фæстæ æндæр хох. Хæхты астæу хъæд цъæх дары, сæ фале ноджы- дæр хæхтæ, — бæрзондæй-бæрзонддæр фæцыдысты. Се ’гасæй бæрзонддæр, сæкæрау, урс дарынц митджын хæхтæ. Иу митджын хох дзы иннæмæй бæрзонддæр, худы хуызæн йæ цъупп. Хурæскæсæны æмæ хурны- 111
гуылæны ’рдыгæй дæр раст ахæм хæхтæ, кæмтты ра- нæй-рæтты хъæутæй фæздæг кæлы. Хъуыды кæны Жилин йæхи нымæры: «Уый иууылдæр тæтæры бæ- стæ у». Райдыдта кæсын уырысы ’рдæм: дæлдæр йæ тæккæ раз цæугæдон, йæ хъæу, сæ алыварс дыргъ- дæттæ. Доны былыл цыдæртæ, хъазæн чындзытау, æвæццæгæн, устытæ бадынц æмæ гæрзтæ æхсынц. Хъæ- уæй чысыл дæлдæр иу хох, йæ хæд фæстæ та дыууæ хохы, уыдон та хъæдæй æмбæрзг; дыууæ хохы астæу лæгъз фæз цъæх дары, æмæ цыма уым фæздæг æр- бадт. Жилин мысын байдыдта сæхимæ фидары куы царди, уæд-иу хур чердыгæй скаст æмæ-иу кæцырдæм ныгуылд, уыдон. Уыны — бæлвырд уæртæ уыцы pan, уыцы дæлвæзы хъуамæ уа нæ фидар. Куы лидзон, уæд мæ цæуын хьæуы уæртæ уыцы дыууæ хохы астæуты. Хур ныгуылынмæ хъавыди. Уросæр цъитиджын хæхтæ фæсырх сты; сау хæхтæ та талынг фесты; дæл- вæзтæй тæф окалди, æмæ раст нæ фидар цы дæлвæзы хъуамæ уа, уый дæр ныгуылгæ хуры тынтæй зыны комвæзы, раст, цыма, трубатæй фæздæг цæуы, уыйау. Æмæ йæм афтæ кæсы, цыма, гъе уый у уырысы фидар. Баизæр и. Хъуысы моллойы хъæр. Рæгъæуттæ тæ- рынц, хъуццытæ! уасынц. Лæппу йын «цом», «цом» кæны, фæлæ Жилины йæ къах нал хæссы. Æрцыдысты фæстæмæ. «Цæй, — хъуыды кæны Жилин, — ныр бынат зонын æмæ лидзын хъæуы». Уы- цы æхсæв лидзьгн фæнд скодта. Æхсæвтæ талынг уы- дысты, мæй зæронд кæм уыд, уьимæ гæсгæ. Уыцы изæр йæ фыдбылызæн æрбаздæхтысты тæтæр. Бирæ хæттыты-иу семæ фос æрбатардтой æмæ-иу хъæлдзæ- гæй æрцыдысты. Фæлæ ацы хатт ницы уал æртардтой, æрмæст саргъы уæлæ мардæй æрхастой се ’мбал бур- хил тæтæйраджы æфсымæры. Æрбаздæхтысты мæст- джынæй, æрæмбырд сты мард ныгæнынмæ. Жилин дæр фенынмæ рацыд. Урс кæттаджы стыхтой марды, æнæ чырынæй йæ рахастой хъæуы фæстæ тæрс бæлæ- сты бынмæ, æрæвæрдтой йæ кæрдæгыл. Æрбацыд мол- ло, æрæмбырд сты зæронд лæгтæ, хисæрфæнтæй сæ худтæ сбастой, сæхи сбæгъæввад кодтой, марды раз рæгъæй дзуццæджы сбадтысты. 112
Разæй молло, йæ фæстæ æртæ зæронд лæджы, сæ сæртæ сарыхътæй æмбæрзт, уыдон фæстæ ма ноджы- дæр тæтæйрæгтæ. Сбадтысты, сæ сæртæ æруагътой æмæ сыбыртт нæ кæнынц. Æнæдзургæйæ бирæ фæбад- тысты. Молло йæ сæрыл схæцыд æмæ загъта: — Алла (ома, хуыцау),— загъта уыцы иу дзырд æмæ та сæ сæртæ æруагътой. Æнæ дзургæйæ та бирæ фæбадтысты, бадынц, не змæлынц. Молло та ногæй йæ сæрыл схæцыди: — Алла! — æмæ иууылдæр сдзырдтой: «Алла!» æмæ та ныхъус сты. Мард хуыссы кæрдæгыл, не змæ- лы, иууылдæр бадынц, мардау, иу дæр дзы не сызмæ- лы. Æрмæст хъуысы дымгæйы змæлдæй тæрсы сыф- тæрты сыбарсыбур. Уалынмæ молло скуывта, иууыл- дæр сыстадысты, марды систой сæ къухтæм æмæ йæ ахастой. Æрхастой йæ ингæны цурмæ, уый хуымæтæг къахт нæ уыди, фæлæ уыди байбынау фæрсмæ къахт. Марды йæ цæнгтæй æмæ йæ зæнгты хæцъæфтæй си- стой, æртасын -æй кодтой, ныйистой йæ сабыргай, зæххы бын æй бадæгау бавæрдтой æмæ йын йæ къухтæ йæ гуыбыныл сæвæрдтой. Ногъайаг ног карст хъæз æрбахаста, хъæз ингæны ныккалдтой, уайтагъд æй сыджытæй бамбæрзтой, сæм- вæз кодтой ингæн зæххы æмбæрц, марды нывæрзæны ’рдыгæй дур нывæрдтой сагъдæй. Ныннадтой сыджыт, ингæны раз рæгъæй рабадтысты. Иу дзæвгар сыбыртт не скодтой. — Алла! Алла! Алла! — Сулæфыдысты æмæ сыста- дысты. Бурхил æхца байуæрста зæрæдтæп æмæ сыс- тад, ехс райста, æртæ хатты дзы йæ ных ныццавта æмæ сæхимæ ацыд. Райсомæй Жилин уыны — сырх тæтæйраг иу ефс- бæхы фæласы хъæуы фæстæмæ, йæ фæдыл фæцæуынц æртæ тæтæйраджы. Æрцыдысты хъæуы фæстæмæ, сырххил йæ куырæт раласта, йæ дыстæ басчъил код- та, — йæ къухтæй. сласта хъама, цыргъгæнæныл æй адаудта. Тæтæр ефсы сæр хæрдмæ фæхъил кодтой, ба- цыд æм сырххил, йæ хурх ын ахауын кодта, йæ иу фарсыл æрфæлдæхта ефсы — æмæ йæ райдыдта сыгъ- дæг кæнын, тымбыл къухæй йын йæ царм стигъы. Æрцыдысты устытæ, чызджытæ, йæ тъæнгтæ æмæ йын SJI H Толстой- 113
йæ хуылфы дзаумæттæ æхсын райдыдтой. Уый фæстæ йæ суæнгтæ кодтой, хæдзармæ йæ схастой. Æгас хъæубæстæ иууылдæр æрæмбырд сты сырххилмæ зиа- ны æрæмысынмæ. Æртæ боны дæргъы хордтой ефсы фыд, нуæзтой махсымæ æмæ марды ном мысыдысты. Тæтæр иууыл- дæр хæдзары уыдысты. Цыппæрæм бон Жилин кæсы æмæ тæтæр сæхи кæ- дæмдæр сихор афон рæвдз кæнынц. Сæ бæхтæ æрла- стой, сæхи сфæлыстой æмæ иу дæс лæгæй араст сты, сырххил дæр семæ ацыди; æрмæст Абдул сæхимæ баз- зади. Мæй йæ тæккæ ногыл уыди, æхсæвтæ ма талынг уыдысты. «Цæй, — зæгъы йæхи нымæры Жилин, — ахсæв ли- дзын хъæуы», й.æ хъуыды бамбарын кодта Костыли- нæп, фæлæ Костылин фæтарсти. — Куыд алидзæм, кæд æмæ фæндаг дæр нæ зо- нæм, уæд? — Æз зонын фæндаг. — Æмæ ахсæв нæ бахæццæ уыдзыстæм. — Кæд нæ бахæццæуæм, уæдхъæдынæхи бааууон кæндзыстæм. Æз мæнæ лауызтæ æрæмбырд кодтон. Цæй, ды бадгæ кæндзынæ? Хорз кæд æхца æрæрви- той, фæлæ сæ бон куыиæ бауа æрæмбырд кæнып уæд та. Тæтæр та ныр мæсты сты, уымæн æмæ сын уырыс сæхионы амардтой. Мæ хъустыл æрцыд, цьима пæ ма- рын фæнд кæнынц. Бирæ фæхъуыды кодта Костылин, стæй загъта: — Цæй, цæуæм! V Жилин сисы хуынчъы балæсти, фæуæрæхдæр æй кодта, цæмæй дзы Костылинæы дæр рабырæн уа; ба- дынц æмæ æихъæлмæ кæсынц цалынмæ хъæу æрсабыр уа, уæдмæ. Хъæуы адæм куыддæр басабыр сты, афтæ Жилин сисы бынты рабырыди æмæ сыбарсыбурæй дзуры Ко- стьтлинмæ: «Рабыр». Рацæйлæст Костылин дæр, фæ- лæ АУРыло йæ къах фæхæцыди æмæ бæстæ гыбаргы- бурæй байдзаг. Хицау та иу хъахъæнæг хъулон куыдз 114
дардта. Уый тынг хъæхъаг уыди; хуыдтой йæУляшин, Жилин æй рагацау йæхиуыл фæцахуыр кодта, къæ- бæртæ йын-иу аппæрста. Фехъуыста сæ Уляшин, срæйдта æмæ сыл йæхи æрбаппæрста, йæ фæстæ та æндæр куыйтæ. Жилип ыл сындæг фехситт кодта, ап- пæрста йын лауызы къæбæртæ, — Уляшин æй базыдта, йæ къуди батылдта æмæ йæ рæйынæй банцад. Хицау куыдзы рæйын фехъуыста æмæ рахъæр кодта хæдзарæй: «Гайть! Гайть, Уляшиы!». Жилин куыдзæн йæ фæсхъустæ сæрфы æмæ куыдз дæр ныссабыр ис, йæ зæнгтыл ын йæхи сæрфтытæ кæны æмæ йæ къæдзил тилы. Фæскъул чысыл абадтысты. Бæстæ та басабыр, æр- мæст кæмдæр скъæтæй хъуысы фысы сыыæр цæгъдын, æмæ комы дæлыйау дуртыл доны уынæр арауы. Та- лынг у, стъалытæ бæрзонд арвыл лæууынц: хохы сæр- мæ ног мæй сырхæй сзынди, йæ сиутæ хæрдмæ, афтæ- мæй фæцæйныгуылди. Мигъ кæмтты æхсырау урс дары. Жилин сыстад æмæ дзуры йе ’мбалмæ: «Цæй, æф- сымæр, цæуæм!» Араст сты, чысыл куыддæр рауадысты, афтæ сæм мæзджыты сæрæй фехъуыст моллойы хъæр: «Алла! Бесмилла! Ильрахман!» ома, адæм рацæудзысты мæз- джытмæ. Æрбадтысты та, фæскъул æрныгъуылгæйæ. Ply дзæвгар фæбадтысты, æнхъæлмæ кастысты, цалын- мæ адæм мæзджытмæ ацыдысты, уæдмæ. Бæстæ та басабыр. — Цæй, хуыцау не ’мбал! —Сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой æмæ ацыдысты. Кæртыл рахызтысты цæугæ донмæ, йæ сæрты ахызтысты æмæ комвæзы фæцæуынц, Дæлийау комы бæзджын мигъ æрбадт, сæ сæрмæ та стъалытæ тæмæнтæ калынц. Жилин стъалытæм гæсгæ хаты кæцырдæм цæуын хъæуы, уый. Мигъы æнцон у цæуынмæ, уæнгтæ рог кæпынц, -æрмæст сæ цырыхъытæ фесты æмæ сæ хъыг дардтой. Жилин сæ раласта, ап- пæрста сæ æмæ бæгъæввадæй цæуы. Дурæй-дурмæ гæппытæ кæны æмæ стъалытæм скæсы. Костылин фæ- сте зайын байдыдта. — Сабыр дæр цу, ацы æлгъысты фæуинаг цыры- хъытæ мын мæ къæхтæ ’гасæй арæдывсын кодтой. 115
— Æмæ сæ ралас, æнцондæр дын уыдзæн. Ацыди Костылин бæгъæввадæй — фæлæ фыддæр фæци: иæ къæхтæ ныллыгтæ кодта дуртыл æмæ та фæсте зайы. Уæд ын Жилин зæгъы: — Къæхтæ куы арæдывсой, уæддæр байгас уыдзы- сты, фæлæ нæ куы æрбаййафой, уæд нæ амардзысты æмæ уый та фыддæр у. Костылин ницы дзуры, цæуы, æмæ снæты. Бирæ фæцыдысты уырдыгмæ. Хъусынц — рахизæрдыгæй куыйтæ срæйдтой. Жилии æрлæууыд, афæлгæстытæ кодта, схызти къуылдыммæ, æрæскæрста æмæ загъта: — Ех, фæрæдыдыстæм, — рахизæрдæм адзæгъæл стæм, ам æндæр хъæу ис, фæстæмæ здæхьтн хъæуы, стæй галиуæрдæм, хохмæ, уым хъуамæ хъæд уа. Уæд æм Костылин дзуры: — Иу чысыл фæлæу, бауадз мæ сулæфын, мæ къæхты туг кæлы. — Ей, æфсымæр, уыдон байгас уыдзысты; фæлтау рогдæр гæпп кæн. Мæнæ афтæ! Æмæ азгъордта Жилин фæстæмæ, къуылдыммæ, уырдыгæй хъæдмæ. Костылин уæддæр фæсте зайы, хъæрзы. Жилин ьтл сусæгæй схъæр кæны, йæхæдæг цæуы æмæ цæуы. Схызтысты хохмæ. Куыд дзырдтой, афтæ дзы хъæд разынд. Бацыдысты хъæдмæ, сындзджын пыхсытыл ныппырх кодтой цы уæлæдарæсы хæррæгътæ ма сыл уыд, уыдон дæр. Хъæды хуылфы иу нарæг фæндагмæ бафтыдысты. Цæуынц. — Æрлæуу! — Бæхты къæхты хъæр ссыди фæнда- гыл. Æрлæууыдысты, хъусынц. Бæхы къæхты хъæры хуызæн фæцыд æмæ фенцад. Ацыдысты та дарддæр, къæхты хъæр та фæцыди, уьтдон дæр æрлæууынц æмæ уый дæр æрлæууы. Жилин йæ гуыбыны цъарыл ба- лæсти, рухсмæ кæсы фæндагмæ —цыдаар лæууы: бæх уа æви нæ, æмæ бæхыл та цыдæр æнахуыр диссаг, адæймаджы хуызæн дæр нæу. Ныххуыррыгт кодта, хъусы. «Уый цы диссаг уа!» Жилин куыддæр сындæг фехситт кодта, афтæ фæндагæй хъæдмæ цыдæр уыцы иу сыффытт фæласта, хъæд ныкъæркъæр кодта. Цы- ма уад сыстади, сæттынц бæлæсты цæнгтæ. 116
Костылин адæргæй æрхауд. Фæлæ Жилин худы æмæ йын зæгъы: — Уый car y, хъусыс, йæ сыкъатæй хъæды хих куыд цъæл кæны. Max уымæй тæрсæм, уый та махæй. Ацыдысты дарддæр. Стъалытæ дæлæмæ сæхи уа- дзыи байдыдтой, бонмæ бирæ нал ис, раст фæндагыл цæуынц æви нæ — уый нæ зонынц. Жилинмæ афтæ кæсы, цыма йæ ацы фæндагыл æрбахастой æмæ ма йæ цыма йæ бынатмæ дæс версты хъæуы, фæлæ йын раст ныоæнттæ нæй, æхсæвыгон сæ æвзаргæ дæр нæ ра- кæндзынæ. Æрдузмæ рахызтысты. Костылин æрбадти æмæ зæгъы: — Дæу куыд фæнды, афтæ кæн, фæлæ æз нæ ба- хæццæ уыдзынæн: мæ къæхтæ мæ нал хæссынц. Жилин ын лæгъстæ кæнын райдыдта. — Нæй, — зæгъы йын Костылин, — нæ бахæццæ уыдзынæн, мæ бон нал у. Омæсты и Жилин, нытту кодта æмæйæ фелгъыста. — Цæй, æз иунæгæй ацæудзынæн, хæрзбон. Костылин фæгæпп ласта æмæ араст. Иу цыппар версты бæрц рацыдаиккой. Мигъ ноджы бæзджындæр ныббадти хъæдыл. Сæ развæндаг нал зынди, стъалы- тæ дæр ма гæзæмæ зындысты. Æвиппайды сæ разæй бæхы къæхты хъæр рай- хъуысти. Хъуысы цæфхæдтæн сæ зæланг куыд фæ- цæуы дуртыл, уый. Жилин йæ гуыбыныл æрхуыссыд, æмæ зæхмæ хъусы. — Æнæмæнг ардæм барæг æрбацæуы! Фæндагæй иуварсмæ балыгъдысты, æрæмбæхсты- сты къутæрты æмæ æнхъæлмæ кæсыыц. Жилин фæн- дагмæ æввахс дæр æрбабырыд, кæсы, — иу тæтæйраг æрбацæуы бæхыл, йæ разæй хъуг тæры. Цыдæртæ йæхи нымæры хъуырхъуыр кæны. Æрбаивгъуыдта гæтæйраг. Жилин æрбаздæхт Костылинмæ. — Цæй, хуыцау нын баххуыс кодта; сыст æмæ цæуæм. Костылин стыныл архайдта æмæ æрхауд. — Хуыцауыстæн, мæ бон нал у, нал. Тых мæм нал ис. Уый уыди стæвдтæгонд, нарст, схид ис æмæ йыл 117
хъæды уазал мигъ куы сæмбæлди, стæй йæ къæхтæ дæр куы ныцъæррæмыхстытæ сты, уæд бынтондæр сæ- дых ис, Жилин ыл уæлæмæ тыххæй исыныл архайдта. Костылин ныхъæр кодта: — Оу, фæмæлын! Жилинæн йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад. — Цы хъæр кæныс? Тæтæйраг нырма хæстæг куы у, фехъусдзæы дæ. Йæхæдæг та йæхи нымæр хъуыды кæны: «Ай, æцæг куы сæдых и, цæй, ныр ын цы кæнон? Æмбалы ныууадзын та хорз нæу». — Цæй, уæлæмæ сыст, сбад ме ’ккой æмæ дæ хæс- сон, кæд цæуын нал фæразыс, уæд. Сбадын кодта йе ’ккой Костылины, ныххæцыд ын йæ зæнджы хæцъæфтыл, фæндагмæ рахызт æмæ йæ фæхæссы. — Чырыстийы хатырæй дæ курын, æрмæст мын мæ хурх м>а ’лвас дæ къухтæй, хæц мын ме уæхсчытыл. Зын у Жилинæн: уымæн дæр йæ къæхты туг кæлы æмæ бафæллад. Æргуыбыр кæны, Костылиныл уæлæ- мæ схæцы æмæ йæ хæссы фæндагыл. Бæлвырд, тæтæйраг фехъуыста Костылины хъæр. Хъусы Жилин, — чидæр сæ фæстæ бæхыл æрбацæуы, йæхирдыгонау хъæр кæны. Жилин къутæртæм йæхи баппæрста. Тæтæйраг фелвæста топп, фехста, фæлæ нæмыг дзæгъæлы аивгъуыдта, йæхирдыгонау схъæр кодта æмæ фæндаджы иу фæрсты атахти. — Гъе ныр, гъе, ме ’фсымæр, бабын стæм! — зæгъы Жилин, уыцы куыдз ныртæккæ æрæмбырд кæн- дзæн тæтæйрæгты æмæ нæ фæсте расурдзысты, æртæ версты бæрц куы нæ ацæуæм, уæд фесæфтыстæм. — йæхæдæг сагъæс кæны Костылиныл. «Цы хæйрæг мæ бафтыдта ацы къодах мемæ кæныныл. Мæхæдæг иу- нæгæп афонмæ раджы бахæццæ уыдаин». Костылин æм дзуры: — Цу иунæгæй, мæн тыххæй цæмæн хъуамæ фе- сæфай! — Нæ, нæ ацæудзынæн, æмбалы ныууадзьш раст нæу. Ногæй та йæ фелвæста йе ’ккоймæ, æмæтайæаха- ста. Рацыдаид иу версты бæрц. Сæ алфæмблай хъæд 118
айтынг æмæ дзы рахизæп никæцæй зыны. Цъæх мигъ уæлæмæ йæхи исын байдыдта, цыма мигъы бындзыг- тæ тайгæ кодтой, уыйау. Стъалытæ дæр нал зындысты. Сфæлмæцыд Жилин. Фæндагыл иу дурæй амад суадонмæ æрбахæццæ. Æрлæууыди æмæ æрæргъæвта Костылины. — Цæй, иу чысыл мæ бауадз, аулæфон, дон ба- нуазон, лауызтæ дæр ахæрæм. Хъуамæ дард ма уал уæм. Куыддæр дон нуазынмæ æргуыбыр кодта, афтæ фæсте бæхты къæхты хъæр ссыди. Уайтагъд та бауа- дысты рахизæрдæм, къудзитæм, æмæ къардиуы бын æрхуыссыдысты. Хъуысы тæтæйрæгты хъæлæба; æрурæдтой раст Жилин æмæ Костылин фæндагæй кæм фæзылдысты, уым. Аныхæстæ æмæ ауынаффæтæ кодтой, куыйты ацардыдтой. Хъусынц — къутæрты цыдæр сыбарсыбур кæны. Комкоммæ сæм кæйдæр куыдз æрбацæуы. Æр- лæууыд, срæйдта. Æрбал-æсынц сæм тæтæйрæгтæ дæр, — уыдон да^р æцæгæлæттæ, æрцахстой сæ, сбастой сæ, бæхтыл сæ сæвæрдтой æмæ сæ ахастой. Иу æртæ версты куы рауадысты, уæд сыл са^ хи- цау Абдул дыууæ тæтæйрагимæ сæмбæлд. Цыдæргæ сæ кæрæдзиимæ аныхæстæ кодтой, сæвæрдтой сæ сæхи бæхтыл æмæ фæстæмæ хъæумæ араст сты. Абдул ныр нал дæр худгæ, нал дæр ныхас кæны семæ. Боныцъæхтыл сæ хъæумæ æрхæццæ кодтой, æрæр- гъæвтой сæ хъæууынджы. Æрбазгъордтой сывæллæт- тæ, дуртæй сæ æхсынц, ехсытæй сæ нæмынц, хъæрахст кæнынц. Тæтæр æрбамбырд сты сæ алыфарс, хохрæбынæй æрбацыди зæронд лæг дæр. Райдыдтой ныхас кæнын. Жилин хъусы, уыдон тыххæй тæрхон кæй кæнынц, цы сын бакæной, зæгъгæ. Сæ иутæ дзурынц, хæхтæм сæ дарддæр арвитын хъæуы, зæронд та зæгъы: «Амарьтн оæ хъæуы». Абдул быцæуыл иыллæууыди, зæгъы: «Æз сыл æхца бафыстон. Æз сæ хъуамæ æлхæнæггаг æхца райсон». Зæронд уæддæр йæ фæнд тæры: «Ницы уын бафиддзысты, æрмæст уын фыдбылызтæ скæндзысты. 119
Уырыссæгты хæссын ма тæригъæд хъуыддаг дæр у. Амарут сæ æмæ фæуа хъуыддаг». Ахæлиу сты. Хицау бацыд Жилинмæ æмæ йын рай- дыдта дзурын: — Кæд мын,—зæгъы сын уый,—сымах тыххæй æлхæнæггаг не ’рырвитой, уæд уæ дыууæ къуырийы фæстæ надæй амардзынæн. Кæд ма лидзын фæнд скæ- най, уæд дæ куыдзы мард акæндзынæн. Ныффысс пис- мо, хорз ныффысс!» Æрбахаста сын гæххæгт, ныффыстой писмотæ. Хъа- дамантæ сыл бакодтой, аластой сæ мæзджыты фæстæ- мæ. Уым сæ иу фондз адлийы арфæн уæрмы ауагътой. VI Сæ цард тынг сæвзæр и. Сæ хъадамантæ сын сæ зæнгтæй нал истой, æмæ сæ пæ дæр бархийæ цæуын уагътой, уырдæм сын, куыдзæн æппарæгау, æппæрстой xoim хыссæ, дурыны та-иу сын дон ныллæвæрдтой. Уæрмы уыд уымæл, æпуд æмæ тæф кодта. Костылин фæрынчын, ныррæсыд, йе уæнгтæ иууылдæр риссынц, æдзух кæнæ хъæрзгæ, кæнæ та фьшæй кæны. Жилин дæр æрынкъард и, уыны — хъуыддаг æвзæр у, æмæ куыд раирвæза, уый нæ зоны. Иу хатт къул къахьшмæ дæр бавнæлдта, фæлæ сы- джытæн ничердæм уыд акалæн; хицау сæ федта æмæ сæм марынæй бартхъирæн кодта. Уæд иу хатт Жилин уæрмы дзуццæджы бадтиг хъуыдытæ кодта бархи цардыл æмæ банкъард. Æвип- пайды раст йæ уæрагмæ æрхаудта иу лауыз, стæй дыккаг æмæ ма æркалдысты балтæ дæр. Хæрдмæ ска- сти, ауыдта Динæйы. Уый йæм æркасти, бахудти æмæ алыгъди. Жилин дæр ахъуыды кодта: «Цымæ йын Динæ пæ баххуыс кæнид?». Уæрмы мидæг бьшат расыгъдæг кодта, æлыгскъах- та, куклатæ кæнын та дзы райдыдта. Сарæзта адæй- мæгтæ, бæхтæ, куыйтæ: хъуыды кæны: «Куыддæр Динæ æрбацæуа, афтæ йæм сæ сæппардзынæн». Динæ дыккаг бон нæма фæзынди, фæлæ Жилины хъустыл ауад бæхты къæхты хъæр, чидæртæ сæ фæр- 120
сты æрбаивгъуыдтой æмæ тæтæр мæзджыты разæрæм- бырд сты, быцæу сын бацайдагъ, хъæрахст систой æмæ уырысы кой кæнынц. Хъуысы зæронды хъæлæс дæр. Уый йæ хорз нæ бамбæрста, фæлæ фиппайдта, уырыс æввахс кæй æрбацыдысты æмæ тæтæр кæй гæрсынц хъæумæ æрбабырсынæй æмæ уацайрæгты цы фæкæной, уый нал зонынц. Фæныхас кодтой æмæ ацыдысты. Уалынмæ та хъусы, уæле цæйдæр сыбарсыбур ссыд. Уыны: Динæ дзуццæджы æрбадти, йæ уæрджытæ йæ сæрæй фæуæл- дæр сты, пыггуыбыр кодта, йæ фæрдгуытæ йæ хъуы- рыл зæузæу кæнынц. йæ гыццыл цæстытæ, стъалытау тыбартыбур кæнынц. йæ дысæй систа цыхтæй конд дыууæ гуылы æмæ та йæм сæ ныппæрста. Жилин сæ оиста æмæ й,æм сдзырдта: — Куыд æрæгмæ мæм цыдтæ? Æз та дын хъазæн- тæ куы сарæзтон. Айс сæ, гъа! Æмæ йæм оæ иугай æппарын райдыдта, чызг æм йæ сæр батилы æмæ йээм нæ кæсы. — Нæ хъæуы! — зæгъы. Иу гыццыл æнæдзургæйæ абадт æмæ йын зæгъы: — Иван, марын фæнд дæ кæ- нынц. — йæхæдæг йæ къухæй йæ хурхмæ амоны. — Чи мæ хъавы марынмæ? — Мæ фыд, зæрæдтæ йын загътой, æз та дын тæ- ригъæд кæнын. Жилин æм дзуры: — Уæдæ мын кæд тæригъæд кæныс, уæд мын иу даргъ лæдзæг æрбахæсс. Чызг æм йæ сæр батылдта, зæгъгæ «нæй гæнæн». Жилин йæ къухтæ кæрæдзийыл сæвæрдта æмæ йын лæгъзтæ кæны. — Динæ, дæ хорзæхæй, мæ гыццыл Динæ, æрба- хæсс! — Нæй гæнæн,—зæгъы,—фендзысты мæ иууыл- дæр нæхимæ сты. — Æмæ ацыд. Мæнæ Жилин изæрыгоы бады æмæ хъуыды качш: «Цымæ, цы уыдзæн?» Æдзух уæлæмæ скæсы. Стъалы- тæ зыны’нц, фæлæ мæй нæма окасти. Райхъуысти мол- лойы хъæр, бæстæ басабыр. Жилин рæдзæ-мæдзæ кæнын райдыдта æмæ хъуыды кæны: «Чызг нæ ба- уæнддзæн». 121
Æвиппайды йæ сæрыл сыджыт æрæзгъæлд, хæрд- мæ скасти, иу даргъ мих уæрмæн йæ фаллаг къулыл ныдзæвы, дæлæмæ-дæлæмæ уæрммæ быры. Сцин код- та Жилин, фæхæцыд михыл, æруагъта йæ; мих стыр у. Раздæр ма ацы мих йæ хицауы уæлхæдзар федта. Скасти хæрдмæ: стъалытæ бæрзонд арвыл тыбар- тыбур кæнынц, уæрмы сæрмæ тæккæ былыл, гæдыйы цæстытау, Динæйы цæстытæ талынджы æрттивынц. Уый æргуыбыр кодта уæрмы былмæ æмæ йын сыбар- сыбурæй дзуры: — Иван, Иван! — йæхæдæг йæ къухтæй йæ цæс- гоммæ амоны, ома, «сабырдæр». —Цы? — афарста йæ Жилин. — Ацыдысты иууылдæр, æрмæст ма дыууæйæ стæм нæ хæдзары. Жилин дзуры Костылинмæ: — Цæй, ацæуæм, фæстаг хатт ма бафæлварæм; ме ’ккой та дæ сæвæрдзынæн. Костылин æм хъусгæ дæр нал кæны. — Нæ,—зæгъы йын, — æз зонын, ардыгæй мын аирвæзæн кæй нал ис. Кæдæм ацæуон, кæд æмæ мæ бон фезмæлын дæр нал у, уæд? — Цæй, уæдæ, хæрзбон, æвзæрæй-иу мæ ма мыс. — Апъа кодта Костылинæн. Февнæлдта михмæ, ныххæцын ыл кодта Динæйы æмæ фæбыры. Иу дыууæ хатты фæстæмæ æрхаудта, хъадаман æй хъыгдардта. Феххуыс ын кодта Косты- лип дæр ажæ куыддæр мадзæлттæй сбырыд. Динæ нæ гыццыл къухтæй йæ хæдонæй ивазы йæ тых, йæ бонæй, йæхæдæг худы. Жилин систа мих æмæ зæгъы: — Ахæсс æй йæ бынатмæ, Динæ, кæннод дæ ба- зондзысты æмæ дæ амардзысты. Динæ мих аласта, Жилин та комы ’рдæм фæуыр- дыг кодта. Ныххызти къардиуы бынмæ, оиста иу цыргъ дур æмæ хъадаманæй гуыдыр æфтауын райдыдта. Фæ- лæ гуыдыр фидар æвæрд уыд нæ йын куымдта, нæ йæм арæхсти. Хъусы — чидæр къуылдымæй, рог гæп- ттытæ кæнгæ, æрæзгъоры, хъуыды кæны: «æвæццæгæн та Динæ у». Æрæзгъордта Динæ, систа дур æмæ йæм дзуры: 122
— Æри-ма, æз. Сбадти йæ гыццыл уæрджытыл æмæ йæ разил-базил кæнын райдыдта, фæлæ иæ къухтæ уисы къалиуты хуы- зæн лыстæг, — ницы тых сæ ис. Аппæрста дур æмæ скуыдта. Жилин та йæ гуыдырыл архайын байдыдта, Динæ йæ фарсмæ йæ уæрджытыл сбадти æмæ йын йæ уæхскыл хæцы. Фæкасти Жилин, ауыдта галиуæрды- гæй хохы фæстæ сырх зæрæхситт ссьигъд. Мæй скæсы. «Хъуамæ мæйы скастмæ комыл ахизон, цæмæй хъæд- мæ баирвæзон» — хъуыды кодта уый. Сыстад, аппæр- ста йæ дур: «цæуын хъæуы хъадаманимæ дæр». — Хæрзбон, мæ чысыл Динæ, — загъта йын, — мæ цæрæнбонты дæ мæ зæрдыл дардзынæн. Ныххæцыд ыл Динæ, йæ къухтæй скары Жилинмæ лауаситæ йын кæм нывæра, уый. Жилин дæр сæ айста. — Бузныг, зондджын чызг, — загъта Динæйæн, — куклатæ ма дын мæ фæстæ чи араздзæн? — æмæ йын йæ сæр æрсæрфтытæ кодта. Динæ скуыдта, йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта, сызгъордта уæлбылмæ, сæныккау гæппытæ кæны. Æр- мæст ма талынджы хъуысы йæ дзыккутыл баст фæрд- гуытæ йæ фæоонтыл куыд дзыгъал-мыгъул кæнынц, уый. Жилин йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, хъадаманы гуыдырыл йæ къухæй ныххæцыд, цæмæй дзыгъал- мыгъул ма кæна, уый тыххæй, æмæ арасти фæндагыл, йæ къах йæ фæдыл ласгæйæ, йæхæдæг фæкæс-фæкæс кæны зæрæхситтмæ, мæйы скæсæнмæ. Уый фæндаг ба- зыдта. Комкоммæ йæ аст версты бæрц цæуын хъæуы. Æрмæст уал мæйы скастмæ раздæр хъæдмæ куы ба- хæццæ уаид. Доныл бахызти, хохы фæсчъылдым фæ- рухс. Ацыди комы, цæуы алырдæм ракæс-бакæс кæн- гæйæ: мæй нæма сзынди. Зæрæхситт фæирддæр ис æмæ комы иуфарс рухсæй-рухсдæр кæнын байдыдта. Аууон дæлæмæ-дæлæмæ лæсы комы, æрбаввахс кæны Жилинмæ рухс. Цæуы Жилин, аууæтты. Тагъд кæны, фæлæ мæй та уымæй тагъддæр тындзы. Рахизæрдыгæй орухс сты хæхты рындзтæ. Хъæдмæ хæццæ кæнын байдыдта, мæй стылди хæхты фæстæйæ. Бонау бæстæ ныррухси, бæ- 123
лæстыл сыфтæртæ дзæбæх зынынц. Сабыр æмæ рухс сты хæхтæ; цыма бæстæ æдзæрæг у; æрмæст ма бы- нæй комы доны сæрсæр хъуысы. Хъæдмæ бахæццæ и — ничи йыл сæмбæлд. Жилин хъæды йæхицæн равзæрста талынгдæр бынат, сбадти аулæфынм-æ. Баулæфыд, бахордта иу лауаси. Дур ссардта æмæ та йæ хъадаман сæттыныл архайы. Йæ къухтæ ныппырх кодта, фæлæ уæддæр гуыдыр нæ асаст. Сыстад, йæ фæндагыл та араст. Иу версты бæрц ацыд, йæ бон та нал уыд — йæ къæхтæ риссынц. Иу- дæс къахдзæфы акæны æмæ та æрлæууы. «Æидæр гæнæн нæй,— зæгъы йæхицæн,—цалынмæ фæразон, уæдмæ цæудзынæн. Фæлæ иугæр куы сбадон, уæд нал сыстдзынæн. Фидармæ нæ бахæццæ уыдзынæн, куыд- дæр æрбарухс уа, афтæ хъæды кæрон æрхуысдзынæн æмæ та ’хсæвыгон ацæудзынæи». Æгас æхсæв фæцыди. А-ныр ыл дыууæ тæ- тæйраг бæхджыны фембæлой, афтæ сын Жилин сæ хъæр дардæй фехъуыста æмæ бæласы фæстæ йæхи æрæмбæхста. Мæй фæлурс кæнын райдыдта, æртæх æрæвæрдта, боны цъæхмæ бирæ нал ис, фæлæ Жилин уæддæр хъæды кæронмæ нæма бахæццæ. «Цæй,—хъуыды кæ- ны, — æртын къахдзæфы ма акæнон, стæй уæд фез- дæхдзын-æн хъæдмæ æм.æ уым сбаддзынæн». Рацыди æртын къахдзæфы, уыны — хъæд фæуд кæны. Рахыз- ти хъæды кæронмæ, бынтон срухси; армы тъæпæнау, йæ размæ айтынг тыгъд быдыр, уыны фидары дæр, галиуæрдыгæй та тынг æввахс хохы рæбьтн судзынц æртытæ. Фæздæг сæ сæрмæ сбадт, æртыты фарсмæ — адæм. Фæкасти сæм бæстон, уыны: тонпытæ æр'1тивынц, хъазахъ, салдæттæ сты. Бации кодта Жилин, йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ хохы рæбынмæ фæцæуы. йæхæдæг хъуыды кæны: «Хуыцау бахизæд ацы тыгъд быдыры бæхджын тæтæйрæгтыл фембæлынæй, кæд цы фæнды æввахс у, уæддæр нæ аирвæздзынæн». Уальшмæ фæкаст, галиуæрдыгæй къуыбырыл лæууьг æртæ тæтæйраджы, уыдон дæр æй ауыдтой æмæ йæм бæхтыл æрбатæхынц. Уæд Жилинæн йæ зæрдæ фæцæй 124
окъуыди. Йæ къухтæ стылдта, æмæ ма йæ тых, йæ бонæй йæхиуæттæм ныхъæр кодта: — Æфсымæртæ, фервæзын мæ кæнут!.. Æфсы- мæртæ! Фехъуыстой йæ нæхиуæттæ. Хъазахъаг барджытæ уайынмæ фесты, тæхынц æм комкоммæ, — тæтæйрæг- тæн сæ фæнда-г лыггæнгæйæ. Хъазахъ дард сты, тæтæр та — æввахс. Жилин ма йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, хъадаманыл йæ къухæй ныххæцыд æмæ згъоры хъазахъмæ, йæхæдæг йæхи дæр нал æмбары, йæхиуыл ма дзуæрттæ æф- тауы æмæ хъæр кæны: — Æфсымæртæ! æфсымæртæ! æфсымæртæ! Хъазахъ уыдысты иу фынддæсы бæрц. Тæтæр фæтарстысты, куыд æм фæцæй хæццæ код- той, афтæ фæурæдтой. Жилин базгъордта хъаза- хъæгтæм. Йæ алыварс æрбатыгуыр сты хъазахъ, фæрсынц æй: «Чи у, цавæр лæг у, кæцæй у?» Фæлæ Жилин йæхи дæр нал æмбары, кæуы æмæ дзуры: — Æфсымæртæ! æфсымæртæ! Æрбазгъордтой салдæттæ, æрбамбырд сты Жилины алыварс, — чи йын дзул дæтты, чи кас, чи арахъ, чи йæ йæ цинелæй æмбæрзы, чи та йын йæ хъадаман æфтауы. Афицертæ йæ базыдтой, фидармæ йæ аластой. Фæ- цин кодтой салдæттæ, æрæмбырд сты Жилиныл йе ’мбæлттæ. Радзырдта Жилин, цы йыл æрцыди, уыдон иууыл- дæр æмæ загъта: — Гъе, афтæ нæхимæ ацыдтæн, ус ракуырдтоп! Нæ, бæрæг у мæ хъысмæт афтæ кæй нæу, уый. Æмæ Кавказы службæ кæнынмæ баззади. Косты- лины та æрмæст иу мæйы фæстæ балхæдтой фондз мин сомæй. Удыгасэей ма йæ тыххæй æрластой.
ЦÆЙ ТЫХХÆЙ? Польшæйы сыстадты рæстæджы радзырд I 1830 азы уалдзæджы пан Ячевскиймæ, йæ фыдæл- тæй йын цы зæхх баззад Рожанкæйы, уырдæм æм æр- цыд йæ мард хæлары иунæг фырт æвзонг Иосиф Мигурокий. Ячевский уыдис æхсай фондзаздзыд бæзæр- хыг, фæтæн ных, уæрæх риуджыы зæронд лæгу агуыри дурау сырх цæсгомыл даргъ урс рихитимæ, Польшæ дыккаг хатт дихтæгонд куы æрцыд, уæды заманы пат- риот. Уый лæппуйæ Мигурскийы фыдимæ службæкод- та Костюшкойы1 æфсады, æмæ йеппæт патриотон зæрдæйы уагæй йе сæфт уыдта апокалипсикон кæй хуыдта, уыцьт хъапхай паддзахад Екатеринæ дыккагæй æ.мæ уымæн йæ гадзырахатæй цæуæг цъаммар хæзгул Поиятовскинæ. Уый Посполиты Речи-йы фæуæлахиз афтæ уырныдта, æхсæв æй райсомæй та хур скæндзæн, зæгъгæ, куыд уырныдта, афтæ. Ячевский дыууадæсæм азы командæ кодта Наполеоны æфсады полкъæн, кæ- цыйы уарзта фыд бирæ. Наполеоны фесæфт ын уыдис стыр хъыг, фæлæ йæ уæддæр уырныдта, польшæйаг паддзахад та йæ къахыл кæй слæудз-æн, кæд цы- фæнды пырхгонд æрцыд, уæдлæр. Уыцы ныфс та йын лæвæрдта, Александр I Варшавæйы цы сейм 1 Костюшко Гадеуш (1746—1817) — 1794 азьт Польшæйы национ-ссæрибар кæныны сыстады фæтæг. 126
байгом кодта, уый, фæлæ Сыгъдæг Цæдис, æгас Евро- пæйыл цы реакци анхъæвзт æмæ Константины гуыми- рыдзннæдтæ йын дæргъвæтин кодтой йæ тæккæ уар- зондæр бæллицтæ сæххæсты хъуыддаг... Дыууын фæн- дзæм азæй фæстæмæ Ячевский алыгъди хъæумæ æмæ æппынæдзух дæр цардис уым — Рожанкæйы, йæ рæ- стæг арвыста хæдзары куыстытыл, цуаны цæуыыыл, æмæ газеттæ æмæ писмотæ кæсыныл, уыдоны руаджы лæмбынæг кастис, йæ райгуырæн бæстæйы цы полити- кон цаутæ цæуы, уыдонмæ. Уый дыккаг усæн æрхаста мæгуыр шляхтичы рæсугъд чызджы, фæлæ сæ цард амондджын нæ уыд. Йæ дыккаг усæн аргъ нæ кодта, нæ йæ уарзта, фæлмæцыд дзы, дзырдта йæм тызмæг æмæ схуыстæй, цыма дзы, дыккаг усракуырды кæй фæрæдыд, уый маст иста, уыйау. Дыккаг усæй йын цот нæ уыд. Фыццаг усæй та йыы баззад дыууæ чыз- джы: хисдæр. Вандæ, диссаджы рæсугъд. Р1æ рæсугъд- дзинад хорз чи æмбæрста æмæ хъæуы цæрынæн йæхи æвгъуаг чи хуыдта, ахæм, дыккаг та Альбинæ, фыды уарзондæр, къæсхуыртæ, фæлæ цæрдæг чызг; урсбын къæбæлдзыг дзыккутимæ, стæй фыды хуызæн уымæн дæр кæрæдзимæ дард æвæрд стыр арвхуыз æрттивгæ цæстытæ. Альбинæйыл цыдис фынддæс азы, Иосиф Мигур- ский сæм куы ’рцыдис, уæд. Мигурский-иу раздæр дæр, студент ма куы уыд, уæд арæх æфтыд Ячевокий- тæм Вильномæ, зымæг-иу кæм цардысты, уырдæм, æмæ уарзта Вандæйы. Ныр та сæм æрцыд хъæумæ сæрибар ас лæгæй. Мигурскийы æрцыд æгас Рожан- кæйы цæрджытæн дæр æхсызгоп уыдис. Зæрондæн, Юзё Мигурскийы æрцыд æхсызгон уымæн уыд, æмæ йын йæ зæрдыл лæууын кодта лæппуйы фыды, йæ хæ- лары, сæ дыууæ дæр ма лæппутæ куы уыдысты, уыцы рæстæг, уæлдайдæр та-иу зæрдæбынæй, æмæ рæсугъд ныфсытимæ дзурын куы байдыдта революцион змæл- ды тыххæй канд Польшæйы нæ, фæлæ æрæджы цы фæсарæнтæй æрбаздæхт, уым дæр. Пани Ячевскаяйæн та уыд æхсызгон, уымæн æмæ уазджыты раз зæронд Ячсвский йæхиуыл хæцыд, иннæ хæттытау йæм-иу нæ загъд кодта. Вандæйæн æхсызгон уыдис уымæн, æмæ йæ уырныдта, Мигурский йæм курæг кæй æрцыд. Уый 127
цæттæ уыд разыйы дзуапп раттынмæ, фæлæ ма йæ фæндыд, йæхæдæг йæхицæн куыд дзырдта, афтæ йæ амæстæй марын, цæмæй йын фылдæр аргъ кæна. Аль- бинæйæн æхсызгон уый уыдис, æмæ сеппæты зæрдæмæ дæр кæй цыд. Æрмæст Вандæмæ афтæ нæ каст Ми- гурский йæм курынмæ кæй æрцыд, уый, афтæ æн- хъæлдтой иууылдæр зæронд Ячевскийæ суанг сывæл- лонгæс Лудвикайы онг, кæд æй дзургæ ничи кодта, уæддæр. Æмæ уый раст уыди. Мигурский æцæгдæр æрцы- дис ахæм фæндонимæ, фæлæ къуырийы ф-æстæ мæст- джынæй æмæ къæмдзæстыгæй аздæхт фæстæмæ æнæ бафидаугæ. Иууылдæр дис кодтой уый æвиппайды аз- дæхтыл, фæлæ хъуыддаг Альбинæ йеттæмæ ничи æм- бæрста. Альбинæ зыдта, уыцы æвиппайды ацыды ах- хосджын йæхæдæг кæй у, уый. Уый æмбæрста, цалынмæ Мигусркий Рожанкæйы цардис, уæдмæ æрмæстдæр йемæ хъæлдзæг æмæ разы кæй уыди, уый. Уый йæм кастис сывæллонмæ кæсæгау, хъазыд йсмæ, мæстæй йæ мардта, фæлæ уый йæ сыл- гоймаджы æнкъарæнтæй æмбæрста, сывæллоны цæ- стæй йæм кæй нæ кæсы, фæлæ йæм кæй дары, пæлгой- маг сылгоймагмæ цы зæрдæйы уаг фæдары, ахæм. Уый та бафиппайдта йæ уарзоы цæстæнгас æмæ фæл- мæн бахудтæй, уатмæ бацæугæйæ, кæнæ ацæугæйæ-иу ыл куы сæмбæлд, уæд. Чызг бынтон бæлвырд иæма æмбæрста лæппуйы зæрдæйы уаг, фæлæ йæ уæддæр йæ цæстæнгас хъæлдзæг кодта, æмæ чызг дæр æнæба- ры кодта, лæппуйы зæрдæмæ-иу цы фæцыдаид, уый. Лæппуйы зæрдæмæ та чызг цыдæриддæр кодта, уыдон цыдысты. Æмæ архайдта, цæмæй йæ митæ зæрдæмæ- дзæугæ уой, ууыл. Уымæ хорз кастис, чызг-иу цуаноы куыдзы разæй куыд згъордта æмæ йын-иу куыдз дæр йæ рæсугъд сырх райгæ цæсгом куыд астæрдта; хорз æм кастис чызг-иу ницæй тыххæй дæр худæгæй куы бакъæцæл; йæ зæрдæмæ цыдис йæ хъæлдзæг худгæ цæстытимæ-иу æмбаргæ хуыз куы скодта сауджьшы æнкъард дины ныхæстæм хъусгæйæ; йæ зæрдæмæ цыдис тынг бæлвырд æмæ-иу худæджы хуызы æвди- сын куы райдыдта, куы зæронд сывæллонгæсы, кæнæ расыггæнаг сыхаджы, кæнæ та Мигурскийæн йæхи, 128
фæзмын та-иу æвиппайды райдыдта. Тынгдæр та йæ зæрдæмæ цыд йæ тыхджын цардæфсæстдзинад. Раст цым,а ныртæккæ базыдта цардæн йеппæт рæсугъддзи- пæдтæ æмæ цыма тагъд кодта уымæй спайда кæны- ныл, афтæ. Уыцы цардæфсæстдзинад та тыхджындæр æмæ цырендæр кодта, лæппуйы зæрдæмæ тынг кæй цæуы, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ æрмæстдæр иунæг Альбинæ зыдта Мигурский Вандæйы курынмæ кæй æрцыд æмæ æнæ хъуыддаг бакæнгæйæ фæстæмæ цæ- мæн аздæхт, уый, кæд уый тыххæй никæмæн ницы дзырдта, уæддæр, уымæн æмæ йæ йæхæдæг дæр бæл- вырдæй нæ зыдта, фæлæ йæ зæрдæйæ æмбæрста йæ хойы бауарзынмæ йын кæй хъавыд, фæлæ уарзгæ та Альбинæйæн йæхи кæй бакодта, уый. Альбинæ стыр дис кодта уыцы хъуыддагыл, кæд зондджын, ахуыр- гонд рæсугъд Вандæйы раз йæхи ницæуыл нымадта, уæддæр. Æмбæрста йæ æмæ йыл цин дæр кодта, уы- мæн æмæ йæхæдæг тынг бирæ бауарзта Мигурсккйы, фыццаг хатт æмæ царды мидæг æр1мæстдæр иунæг хатт куыд бауарзынц, афтæ. II Оæрды фæстаг бонты газетты фыстой Парижы революцийы хабæрттæ. Уый хæд фæстæта хъусын бай- дыдтой, Варшавæйы змæстытæ райдайынмæ кæй хъавынц, уый. Ячевокий тарстæй æмæ ныфсимæ æн- хъæлмæ каст алы постæй дæр кæй райсдзæн Констан- тины амарды æмæ революцийы райдыды хабæрттæ. Фæстагмæ ноябры Рожанкæмæ æрбайхъуысти бельве- дермæ1 ныббырсты æмæ Константин Павловичы алыгъ- ды хабар, уый фæстæ та сейм фехъусын кодта Ро- мановты династи Польшæйы æппæрст кæй æрцыдæмæ’ дзы диктаторæй кæй сæвæрдтой Хлопицкийы æмæ та Польшæйы адæм ногæй кæй ссæрибар сты, уый. Сыстады уылæн Рожанкæмæ нæма æрбахæццæ, фæлæ йæм æппæт цæрджытæ дæр æнхъæлмæ касты- сты, æмæ йæм сæхи цæттæ кодтой. Зæронд Ячевский 1 Ам—галуан. 9Л. Н.ТолстоП- 129-
бастдаинад дардта йæ зæронд хæлæрттæй иуимæ, уый уыдис сыстады сæргълæуджытæй иу, цыдысты йæм сусæгæй дзуттаг-фактортæ1 хæдзарадон нæ, фæлæ ре- волюцион хъуыддæгты фæдыл, æмæ йæхи цæттæ код- та сыстады архайджыты фарсмæ æрлæууынмæ, рæ- стæг куы фæуа, уæд. Пани Ячевская фыццаджы хуы- зæн нæ, фæлæ ноджы æнувыддæрæй архайдта йæ лæ- джы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл æмæ уы- мæй фыццагау тынгæй-тынгдæр мæстджын кодта йæ лæджы. Вандæ йæ бриллианттæ æрвыста Варшавæмæ йæ хæлармæ, цæмæй сæ цы æхца райса, уыдон радта революцион комитетмæ. Альбинæйы зæрдæ та æхсайд- та æрмæстдæр Мигурский цы ми кæны, уымæ. йæ фы- дæй базыдта. уый Дверницкийы отрядмæ кæй бацыдис æмæ архайдта, уыцы отряды хъуыддæгтæ куыд цæ- уынц, уый зоныныл. Мигурский ныффыста дыууæ хат- ты. Иу хатт фехъусын кодта, æфсадмæ кæй бацыд, дыккаг хатт та, февралы фæстаг бонты, фыста хъæл- дзæг писмо, поляктæ Сточекы куыд фæуæлахиз сты, уый тыххæй, уым байстой æхсæз уырыссаг сармадза- ны æмæ уацайрæгтæ. „Zwyciestwo polakow i kleska mockali! Wiwat"2— уыдысты йæ писмоты фæстаг ныхæстæ. Альбинæйы цинæн кæрон нæ уыд. Уый касти картæмæ æмæ ны- мадта, москальтæ кæм æмæ кæд дæрæнгонд æрцæу- дзысты, уый. Зырзыр æмæ-иу фыр мæстæй афæлурс, йæ фыд цы ног пакеттæ райста, уыдон-иу сындæггай куы хæлдта, уæд. Иухатт æй фыды ус, уатмæ бацæу- гæйæ, баййæфта кæсæны раз хæлаф æмæ конфедерат- кæйы3. Альбинæ нæлгоймаджы дарæсы сфæнд кодта йæ хæдзарæй алидзын, цæмæй Полыиæйы æфсадмæ бацæуа. Уый тыххæй ус бамбарын кодта фыдæн. Фыд фæсидтис чызгмæ æмæ йæ зæрдæйы циндзинад æм- бæхсгæйæ, æфхæрдта чызджы, цæмæй йæ сæрæй ап- пара уыцы æдылы хъуыдытæ, хæстмæ цæуыны фæнд- тæ: «Сылгоймæгтæн ис æндæр хъуыддæгтæ, йæ бæ- стæйы сæраппонд йæхи нывонд чи хæссы, уыдоны yap- 1 Æхсæны лæгтæ. 2 Æгас цæуæнт поляктæ, мæлæт москальтæн! Ура! 3 Конфедераткæ — нæлгоймаджы цыппæрдигъон худ. 130
зын æмæ сын æххуыс кæнын», — дзырдта уый. Ныр- тæккæ уый хъæуы фыды, йæ ныфс, йæ зæрдæйы рухс у, рæстæг куы æрцæуа, уæд та афтæ зынаргъ уыдзæн йæ мойæн дæр. Уый зыдта, йæ зæрдæ йын цæмæй бал- хæнын хъæуы, уый. Æмбарыы ын кодта иуыæг æмæ æнамонд кæй у, æмæ йын апъа кодта. Чызг ын, йæ цæссыг æмбæхсгæйæ, йæ цæсгом сæвæрдта йæ риуыл, фæлæ йын уæддæр йæ цæссыгæй схуылыдз кодта йæ халаты дыс, æмæ дзырд радта, фыды æвастæй кæй ницы бакæндзæн, ууыл. III Польшæ дихтæгонд куы æрцыд, æмæ йæ иу хай æнæуынон немыцы къухмæ куы бахауд, иннæ хай та ноджы æнæуынондæр москальты къухмæ, уæд бирæ хъизæмардзинæдтæ баййæфта. Ахæм хъизæмардзинæд- тæ чи баййæфта, æрмæст уый бамбардзæн, поляктæ 30-æм æмæ 31-æм азты куыд цин кодтой, уый, раздæр суæгъд уæвыны архайдтытæй сын кæй ницы рауад, æмæ та ногæй суæгъд уыдзысты, уый сæ куы бауыр- ныдта, уæд. Фæлæ сæ циндзинад бирæ нæ ахаста. Тыхтæ иухуызон нæ уыдысты æмæ та ногæй революци састы бынаты баззади. Ногæй та уырыссаг адæмы дæсгай минтæй коммæгæс салдæтты батардтой Поль- шæмæ æмæ-иу уым куы Дибичы, куы Паскевичы æмæ хисдæр уынаффæгæнæг Николай I разамын- дæй, æнæвгъауæй калдтой сæхи æмæ се ’фсымæр полякты туг, афтæ цæмæн кæнынц, уый сæхæдæг дæр не ’мбаргæйæ, басастой сæ æмæ та сæ ногæй рад- той æдых æмæ ницæййаг адæймæгты хицауады къух- тæм, уыдонæн та уæлдай нæ уыд, поляктæ, сæрибар уой æви састы бынаты, æрмæстдæр сæ хъуыди, цæмæй сæ зындзинад æмæ сæ сæртæг цытмæ бæллындзинад баххæст кæной. Варшавæ райстой, хицæн отрядтæ пырхгонд æрцы- дысты, сæдæгай, мингай адæмты мардтой, надтойлæдз- джытæй, æмæ сæ хастой сæ райгуырæн бæстæйæ. Хаст æрцыдис æрыгон Мигурский дæр. Йæ мулк ист æрцыд, йæхи та йын арвыстой Уральскмæ хуымæтæг батальонмæ салдатæй. 131
Ячевскийтæ 1832 азы зымæджы цардысты Виль- нойы, зæронды æнæниздзинады тыххæй, уый 31 азæй фæстæмæ сæйын байдыдта йæ зæрдæйæ. Ацы ран фи- дарæй райстой Мигурскийæ писмо. Уый фыста, зæгъ- гæ, кæд цыфæнды зынтæ бавзæрста æмæ ма йæм æн- хъæлмæ кæсы ноджы фыддæр хъизæмардзинæдтæ, уæддæр сæрыстыр у уымæй, йæ райгуырæн бæстæйы тьгххæй фыдæбæттæ юæй бавзæрста, æмæ фæсмон кæй нæ кæны, уыцы стыр хъуыддагæн йæ царды æмбис кæй радта, ууыл, стæй цæттæ кæй у кæронмæ раттыныл, æмæ ма йын райсом ног фадат куы фæуид, уæддæр раст афтæ кæй бакæнид. Писмо хъæрæй кæсгæйæ, ацы бынаты зæронд хъаарæй ныккуьгдта æмæ бирæ рæстæг йæ бон нал уыд дарддæр кæсын. Писмойы иннæйы хайы, Вандæ йæхъæрæй каст, Мигурокий фыста, зæгъ- гæ, кæд цыфæнды уыдысты йæ фæндтæ æмæ бæл- лицтæ йæ фæстаг æрцыды рæстæг æмæ кæд йæ цар- ды рæсугъдæй баззайдзæн, уæддæр ныртæккæ йæ бон нæу æмæ йæ нæ фæнды уыдоны тыххæй дзурын. Ваидæ æмæ Альбинæйæ алчи дæр йæхи ’рдыгонау бамбæрста уыцы ныхæсты ахадындзинад, фæлæ йæ куыд бамбæрстой, уый никæмæн раргом кодтой. Пис- мойы кæрон Мигурский оаламтæ æрвыста сеппæтæн дæр, ахæм хъæлдзæг хуызы мæнæ-иу йæ ’рцыды рæс- тæг Альбинæимæ куыд хъазыд, афтæ. Фарста йæ йæ писмойы, афтæ цæрдæг ма згъоры куыдзимæ хъаз- гæйæ, æмæ ма афтæ хорз фæзмы сеппæты дæр. Фы- ста, йæ цæст кæй уарзы, æнæниздзинад зæрондæн, æфсины хæдзары хъуыддæгтæ, цæмæй хорз цæуой, Вандæ цæмæй аккаг мой скæна, Альбинæйæн та, цæ- мæй дардд>æр дæр афтæ цардхъæлдзæг уа. IV ^Зæронд Ячевскийæн йе ’нæниздзинад кодта бо- нæй-бон æвзæрдæр, æмæ 1833 азы йæ бинонтимæ ацы- дис фæсарæнтæм. Вандæ Бадены фембæлдис хъæздыг польшæйаг эмигрантыл æмæ йæм моймæ ацыд. Зæрон- ды æнæниздзинад ноджы фæфыддæр æмæ 1833 азы райдианы амард фæсарæны Альбинæйы къухты. Йæ 1Й2Ч
усы йæхимæ зилын нæ уагъта рынчынæй дæр æмæ йæ царды фæстаг бонтæм йæхицæн нæ хатыр кодта, кæй йæ ракуырдта, уый тыххæй. Пани Ячевская æрбаздæхт Альбинæимæ хъæумæ. Альбинæйæн йæ царды сæй- рагдæр циндзинад уыди Мигурский. Уый йæ цæсты уыдис стыр хъæбатыр æмæ утхаргæнæг, йæ цард æп- пæтæй дæр кæй тыххæй раттаид, ахæм. Фæсарæнтæм ацæуыны агъоммæ йæм райдыдта фыссын, раздæр йæ фыды фæдзæхстмæ гæсгæ, уый фæстæ та йæхи помæй. Фыста йæм йæ фыды амарды фæстæ, Уæрæсемæ куы ’рбаздæхт, уæдæй фæстæмæ дæр. Стæй йыл стдæс азы куы сæххæст, уæд йæ фыды усæн бамбарын кодта, Уральскмæ Мигурскиймæ кæй цæуы æмæ йæм уым мой кæй скæидзæн, уый. Фыды ус уайдзæфтæ кодта Мигурокийæн уый тыххæй, ома йæхи уæззау уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй кæй сæрра кодта бон- джын чызджы, цæмæй йын йе ’намонд цард бадих кæ- на. Альбинæ тынг смæсты æмæ бауайдзæф кодта фыды усæн, ома æрмæстдæр иунæг дæуæн у дæ бон ахæм æвирхъау ныхæстæ æрæмысын, уыцы лæгыл, кæцы йæ адæмы сæрвæлтау нæ ауæрста йæхиуыл. Уый нæ, фæлæ маМигурский не сразы, чызг ын цы æххуыс- дзинад ракæнынмæ хъавыд, ууыл, æмæ йæм ныр Аль- бинæ фидарæй сфæнд кодта ацæуын æмæ йæм мой скæнын, кæд æй бафæнда, уæд. Альбинæ уыдис хъо- мыл чызг, æхца дæр æм уыдис æртын мин злотыйы, уыдон ын йæ хоимæ ныууагъта, йæ фыды ’фсымæр куы мардис, уæд. Уымæ гæсгæ йæ ацæуын ницы къуы- лымпы кодта. 1833-æм азы ноябры Альбинæ хæрзбон загъта йæ- хионтæн æмæ йæ уыдон дæр мæрдтæм цæуæгау, сæ цæссыг калгæ афæндараст кодтой дард æцæгæлон гуымиры Московийы бæстæм. Сбадтис, æдзух ыл æну- выд чи уыдис, уыцы зæронд сывæллонгæс Лудвикæи- м.æ йæ фыды ног арæзт, дард балцьт цæуæн уæрдоны æмæ араст дард балцы. V Мигурский къазармайы нæ цард, иннæ æрвыст адæмы хуызæн, фæлæ хицæнæй, йæхи фатеры. Нико- 133
лай Павлович домдта, йæ цинтæ кæмæн байстой, уы- цы поляктæ хъуамæ уæззау салдаты царды æтте-ма æвзарой, уыцы æппæт æгаддзинæдтæ, кæцыйæ хай- джын уыдысты, уæды рæстæджы, хуымæтæджы сал- дæттæ. Фæлæ йын йæ дзырд чи æххæст кодта, уыцы хуы- мæтæг адæмæн сæ фылдæр æмбæрстой йæ цин кæмæн систой, уыдоны уæззау уавæртæ, æмæ кæд бардзырд пæ баххæст кæнын уыдис стыр тæссаг, уæддæр-иу æй не ’ххæст кодтой, гæнæн сын кæм уыди, уым. Ми- гурский цы батальонмæ æрцыд, уый командир, салдэ- тæй чи сырæзт, ахæм афицер бирæ бауарзта æмæ тæ- ригъæд кодта кæддæры хъæздыг æмæ ахуыргонд, фæлæ æппындæр кæмæн ницыуал баззад, уыцы æвзонг лæппуйæн. Архайдта, йæ бон цас уыдис, уьшæй, уы- мæн й,æ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Æмæ Мигурокий дæр æнæ аргъ скæнгæ нæ фæци хæлар- зæрдæ тыппыр цæспж, урс бакенбардджын подпол- ковникæн, цæмæй йын йæ хорздзинад бафида, уый тыххæй. Сразы уымæн йæ фыртты корпусмæ бацæттæ кæныныл, ахуыр сæ кодта математикæ æмæ францусаг æвзагыл. Мигурскийы цард Уральскы авд мæйы дæргъы канд иухуызон, æнкъард æмæ æнтъыснæг нæ, фæлæ ма тынг уæззау цардæй. Зонгæтæ йын, батальоны командирæй дарддæр, уымæй йæхи дардласыныл ар- хайдта, уымæн уыдис æрмæстдæр иунæг хаст поляк, чысыл ахуыргонд æмæ хæйрæггомау, æнæзæрдæмæ цæугæ, кæсæгтæй базаргæнæг. Мигурскийæн йæ цар- ды’ сæйрагдæр зындзинад уыдис уый, æмæ уымæн йæ бон нæ уыдис хъуагдзинæдтыл сфæлтæрын. йæ исбон айсты фæстæ йæм ницыуал баззад æмæ ирвæзтис, цы сыгъзæрин дзаумæттæ ма йæм баззад, уыдон уæй кæнгæйæ. йæ царды ма йын тæккæ æхсызгондæр цы баззад, хæсты фæстæ, уый уыди Альбинæимæ кæрæдзимæ пис- мотæ кæй фыстой, уый. Йæ зæрдæйы цы хорз сагъæ- стæ сæвзæрдысты Рожанкæйы уæвгæйæ, уыдон ныр хæсты рæстæг кодтой рæсугъдæй-рæсугъддæр. йæ фыццаг писмотæй ма иуы Альбинæ фæрсгæ дæр код- та: «кæд цавæрфæнды уыдьтсты мæ фæндæгтæ æмæ 134
бæллицтæ» — зæгъгæ, уыцы ныхæстæ цы амыдтой. Уый йæм фыста, зæгъгæ, дын ныр сæттын, уыцы ны- хæстæ кæй уыдысты, цæмæй мæ къай бауай. Чызг ын дзуапп радта, кæй йæ уарзы. Лæппу йæм фы-ста, зæгъ- гæ, фæлтау куы нæ ныффыстаис, уый тыххæй, уымæн æмæ йын тынг зын у, ууыл хъуыды кæнын, цы ’рцы- даид æмæ цы нал æрцæудзæн, ууыл. Чызг ын дзуапп радта, зæгъгæ, уымæн гæнæн нæ, фæлæ йын æнæ ’рцæугæ нæй. Лæппу та йæм фыста, зæгъгæ, ахæм зын- дзинады чызджы ницæйы тыххæй бафтаудзæн. Йæ писмойы фæстæ уайтагъддæр райста пъавескæ дыууæ мин злотыйæн. Писмойы къонверт æмæ къухфыст- мæ гæсгæ базыдта, æхца Альбинæйæ кæй сты æмæ ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ иу писмойы ахуды- ны тыххæй цы ныхæстæ ныффыста, уыдон, ома урок- тæ дæттынæй разы кæй у, æм.æ сæ руаджы æхца кæй кусы, цайæн, тамакойæн æмæ ма суанг чингуыты фаг дæр. Мигурский æхцатæ цæвæрдта æндæр къонверты æмæ сæ арвыста фæстæмæ писмоимæ, кæцыйы куырд- та чызгæй, цæмæй сæ хæлардзинад æхцайы фæдыл ма хæла, хъуаг ницæмæй у. Ноджы ма фыста, йæхи стыр амондджын кæй хоны, ахæм хæлар ын кæй ис, уы- мæй. Уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийæ писмотæ ттал истой. Ноябры мæй Мигурский бадтис подполковникмæ æмæ уроктæ лæвæрдта лæппутæн. Уалынм-æ æрбай- хъуыст, æввахсæй-æввахсдæр чи кодта, уыцы постла- сæг дзоныгъы дзæнгæрæджы хъæр æмæ митыл хъыст- хъыст гæнгæ дуармæ æрурæдта. Сывæллæттæ ратахтысты, чи ’рбацыд, уый базонынмæ. Мигурский баззадис уаты, дуармæ кæсгæ, æмæ æнхъæлмæ кастис сывæлл-æтты æрбаздæхтмæ, фæлæ дуарыл фæзынд подполковничы ус. — Дæумæ «пан» цавæрдæр æхсинтæ æрбацыдысты æмæ дæ фæрсынц, æвæццæгæн уæхирдыгæттæ. Сæ хуызмæ гæсгæ полячкæтæ сты. Мигурскийы уыцы сахат куы бафарстаиккой, Аль- бинæйы æрбацыд дæ бауырнид зæгъгæ, уæд загътаид, уымæн уæвæн нæй, фæлæ йæм зæрдæйæ та æнхъæлмж каст. йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста æмæ тьтхулæфтгæнгæ ратахтис тыргътæм. Уым йæ кæлмæр- 135
зæн хæлдта ставд хæбуздзыхъытæ сылгоймаг. Иннæ сылгоймаг та бацæйхызт подполковничы фатеры дуа- рыл. Иæ фæстæ къæхты хъæр айхъусгæйæ, фæкаст фæстæмæ. Цæсгомы хызы бынæй æрттывтой хъæлдзæг, кæрæдзимæ дард æвæрд, æрттивгæ Альбинæйы цæсты- т.æ, йæ цæстыхаутыл халас æрбадгæйæ. Мигурский сагъдæй аззад. Нал арæхст, цы кæна, уымæ, куыд ын æгас цу зæгъа, уымæ. «Юзё!» — схъæр кодта Альбинæ, йæ фыд-иу æй куыд хуыдта, уыцы но- мæй, стæй-иу æй йæхæдæг дæр йæхи нымæр куыд хуыдта, афтæ. Ныттыхстис ын йе ’фцæджы, йæ цæс- гоммæ йын нылхъывта йæуазал рус æмæ раздæр ньтх- худти, стæй уæд ныккуыдта. Зæрдæхæлар подполковничы ус куы базыдта, Аль- бинæ чи у æмæ цæмæн æрбацыд, уый, уæд æй суазæг кодта æмæ йæ æрцæрын кодта йæхимæ сæ чындзæх- сæвы бонмæ. VI Хæларзæрдæ подполковник бар ракуырдта уæлдæр хицауадæй. Оренбургæй æрхуыдтой сауджыны æмæ саргъуыдтой Мигурскийтыл. Батальоны командиры ус сын уыдис фидыды мад, хаст поляк Бржозовский та къухылхæцæг, ахуыргæнинæгтæй иу хаста дзуары ныв. Альбинæ кæд цыфæнды бирæ уарзта йæ лæджы, уæддæр зæгъæн ис, кæй нæма йæ зыдта, бæлвырддæр йемæ зонгæ кæнын райдыдта нырма ныр. Уымæ гæсгæ ныртæккæ йæ разы цы цардæгас адæймаджы уыдта, уым раиртæста бирæ æрвылбонон æмæ æнæ поэтикон- дзинад, кæцытæ дард уыдысты, йæ сæнтты цы сурæт хаста æмæ оныв кодта, уымæ, фæлæ уьгй хыгъд ацы адæймаджы туг æмæ стæджы ссардта бирæ хуымæтæг, хорз æмæ зæрдæмæцæуæг миниуджытæ, кæцытæ нæ уыдысты, йæ зæрдæйы кæй хаста, уыцы иппæрд сурæты. Йæ зонгæтæ æмæ йæ хæлæрттæй-иу арæх хъуыста уымæн йæ хæстон хъæбатырдзинады кой. Зыдта йын, йæ исбон æмæ йæ сæрибардзинад куы фесæфта, уæд æм цы лæгдзинад разынд, уый дæр, æмæ йæ кæддæ- 136
риддæр нымадта тæккæ æхсарджындæрыл, кæцыйæн никуы састис йæ ныфс, æмæ цардис бæрзонд героикон цардæй. Афтæмæй та уый йе ’нæкæрон стыр хъару æмæ хъæбатырдзинадимæ разындис фæлмæнзæрдæ, хуымæтæг адæймаг, сабыр, æдзухдæр хъæлдзæг. йæ бурбын рихитæ æмæ зачъеты астæуæй сывæллонау фæлмæн худт кодта йе ’нкъараг дзых, кæцы уæлдай тынгдæр фæцыдис йæ зæрдæмæ Рожанкæйы, стæй йæ фæздæг калгæ лулæ, Альбинæ дзы уæлдай тынгдæр тыхстис йæ сывæрджын бонты. Мигурский дæр нырма ныр æмбарын байдыдта Альбинæйы, куыд сылгоймаджы. Йæ ус ракуырды раз- мæ цы сылгоймæгтимæ зонгæ уыдис, уыдонмæ гæсгæ уый нæма æмбæрста сылгоймаджы. Æмæ ныр Альби- нæйы куы базыдта, куыд сылгоймаджы, афтæ, уæд æй уый стыр дисы бафтыдта æмæ йын хъуамæ иннæ сыл- гоймæгтæ сынад уыдаиккой, Альбинæйæн йæхимæуæл- дай фæлмæндæр æмæ хъарм зæрдæйы уаг куы ыæ дардтаид, уæд. Альбинæмæ, куыд сылгоймагмæ, дард- та рæвдаугæ цæстæнгас, Альбинæйæн йæхимæ та канд фæлмæн уарзондзинад нæ дардта, фæлæ йыи кодта стьгр аргъ, йæхи йын кæй снывонд кодта, æмæ йьтн æнæрцæугæ стыр амонд кæй радта, уый тыххæй. Мигурскийтæ амондджын уыдысты уымæй, æмæ кæрæдзимæ тыхджын уарзоыдзинад даргæйæ сæхи æцæгæлон адæмы æхсæн кæй нымадтой, зымæгон баргъæвсгæйæ чи адзæгъæл вæййы æмæ кæрæдзийы чи фæхъарм кæны, ахæм дыууæ æмбалы хуызæн. Мигур- скийтæн сæ хъæлдзæг цард аразыны хъуыддаджы стыр æххуыс уыди, бирæ сæ чи уарзта, цагъайрагау сыл иу- зæрдион чи уыди, уыцы зæрдæхæлар, хъуырхъуыргæ- наг, — хъæлдзæг æмæ нæлгоймæгты бирæ уарзаг сы- вæллонгæс Лудвикæ. Мигурскийтæ амондджын уыды- сты цотæй дæр. Афæдзмæ сьгн райгуырдис лæппу, афæдз æмæ æрдæгмæ та чызг. Лæппу уыдис йæ .мады халдих, йæ цæстытæй йæ цæрдæгдзинад æмæ йæ аив- арæзтæй. Чызг уыдис рæсугъд, æнæниз сырды лæп- пынау. Мигурскийтæ æнамонд та уыдысты, сæ райгуьт- рæн бæстæйæ дард кæй уыдысты, уымæй, сæйрагдæр та уæззау æнахуыр æмæ æгады бынаты кæй уыдысты, уымæй. Ахæм уавæрæй уæлдай тьтнгдæр тыхсти Аль- 137
бинæ. Йæ лæг, Юзё хъæбатыр, хæрзæххæст адæймаг, афтæмæй йæ лæккад кæнын хъуыдис алы афицерæн дæр, гæрзтимæ фæлтæрын, хъалагъуры цæуын æмæ æнæуæлдай ныхасæй коммæ кæсын. Уый æтте ма Польшæйæ дæр истой тынг æнкъард хабæрттæ. Æппæт хæстæджытæ æмæ хæлæрттæй, кæй хæсгæ акодтой, кæпæ сæм æппындæр ницыуал уыдис, æмæ афтæмæй фæсарæнтæм алыгъдысты. Зæрдæ да- рæн ницæуыл уыдис, цæмæй Мигурскийтæы сæ царды уавæртæ фæхуыздæр уыдаиккой, ууыл. Цы бирæ кур- диаттæ балæвæрдта, ссæрибар уæвыны кæнæ афицеры цин райсыны кæнæтайæ уавæртæ цæмæй фæхуыздæр уой, уый тыххæй, уыдоы бынатмæ нæ хæццæ кодтой. Николай Павлович арæзта æфсадмæ æркæстытæ, па- радтæ, хæстон ахуырадтæ, цыдис маскарадтæм, хъа- зыдис маскæтимæ, æнæхъуаджы ратæх-батæх кодта Уæрæсейы къуымты, Чугуевæй Новоросоийскмæ, Пе- тербургмæ, Мæскуымæ, адæмы тæрсын æмæ бæхтæ фæллайын кæнгæйæ, æмæ-иу искуы иу хъæбатыр ку- рын куы байдыдта хъизæмаргæнæг хаст декабристты кæнæ полякты уæззау уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, йæхæдæг æппæлгæ кæмæй кодта райгуырæн бæстæмæ сæм ахæм уарзондзинад кæй уыдис, уый тыххæй, уæд-иу йæ риу размæ ракæнгæйæ, æмæ-иу йæ здыхуыз цæстытæ исчердæм ныдздзагъыргæнгæйæ дзырдта: «Уадз службæ кæной. Раджы у». Цыма йæ зыдта, раджы кæд нæ уыдзæн, кæнæ æгъгъæд кæд уы- дзæн, уый. Хæстæг æм чи лæууыд: инæлæрттæ, камер- гертææмæ сæустытæ, æмæ уымæй йæхи чи дардта, уы- дон цины дистæ кодтой, уыцы дардмæ уынаг зонд- Джын æмæ номдзыд лæджы раз. Фæлæ уæддæр Мигурскийы бинонты царды амоид фылдæр уыдис æнамонддзинадæй. Афтæмæй фæцардысты фондз азы. Фæлæ сьгл æнæнхъæлæджысæмбæлд æнамонд хабар. Раздæр фæ- рынчын чызг, дыууæ боны фæстæ та фæрынчын лæп- пу: артау сыгъдис æртæ боны æмæ æнæ дохтыры æх- хуьтсæй (дохтырæн ам ссарæн нæ уыд) цыппар боны фæстæ амард. Дыууæ боны фæстæ та чызг амард. Ахæм бæллæхы фæстæ Альбинæ йæхи Уралы доны нæ баппæрста, æрмæстдæр уымæн, æмæ ахъуыды код- 138
га, йæ лæг йæ фæстæ куыд хъизæмары цард кæндзæн, ууыл. Фæлæ йын цæрын уыдис зын. Ныронг куыстæй фæллад нæ зонгæйæ, ныр йеппæт фыдæбæттæ дæр бакодта Лудвикæйы æвджид, йæхæдæг та-иу æнæхъæн сахæттæ бадтис æнцад, æнæдзургæ, джихæй-иу кастис истæмæ кæнæ та-иу ацыд йæ уатмæ æмæ-иу æй уым нæдæр йæ лæг, нæдæр Лудвикæ куыд сабыр кодтой, уымæ нæ хъусгæйæ, сындæггай куыдта æмæ сæ куырдта, цæмæй йæ иунæгæй ныууадзой. Сæрды-иу ацыдис йæ сывæллæтты ингæнмæ æмæ- иу зæрдæхæлдтæ кодта, цы уыдис æмæ цы ’рцыдаид, зæгъгæ-иу ууыл куы ахъуыды кодта, уæд. Уæлдай зындæр та йын уыдис, йæ зæрдыл-иу куы ’рбалæууыд, сывæллæттæ горæты куы цардаиккой, уæд кæй баз- задаиккой æгасæй, уымæн æмæ сæм уым фæкастаик- кой дохтыртæ. «Цæй тыххæй? Цæй тыххæй? — хъуыды кодта Альбинæ. — Юзёк дæр, æз дæр, — никæмæй ницы агурæм — æрмæстдæр нæ фæнды, цæмæй мæ лæг, куыдæй райгуырдис, афтæмæй цæра, йæ фыд æмæ йæ фыды фыдæлтæ, куыд цардысты, афтæ цæра. Æз та цæмæй йемæ уон, уарзон æй, уарзон мæ сабиты æмæ сæ хъомыл кæнон». «Фæлæ йæ ахастой æмæ йæ хъизæмарæй марынц, мæнæн та айсынмæ хъавьпщ, мæ царды мын тæккæ зынаргъдæрæн чи баззад, уый. «Цæмæн?» «Цæй тых- хæй?» — ахæм фарст лæвæрдта Альбинæ йæхицæн æмæ хуыцауæн, фæлæ дзуапп æрхъуыды кæнын йæ бои нæ уыд. Æнæ уыцы дзуапп та дарддæр цæрæн нал уыд. Банцади йæ цард Альбинæйæн. Ныронг-иу йæ сылгоймаджы æнкъарьгндзинадæй зыдта барæс- сугъд кæнын йæ мæгуыр цард æцæгæлон бæстæйы, фæлæ ныр уыцы цард сынад æрмæст Альбинæйæн нæ, фæлæ ма Мигурскийæн дæр, йæ зæрдæ рыстис йæ усыл, фæлæ нæ зыдта, йæ хъыджы йын цæмæй бах- хуыс кæна, уый. VII Мигурокийтæ ахæм зын фадаты куы уыдысты, уæд Уральскмæ æрбацыд поляк Росоловский. Уый уыдис, уæды рæстæг сыбырмæ хаст сауджын Сироцинскийы 139
разамындæй поляктæ цы егъау змагст æмæ алыгъды пълан сарæзтой, уый архайджытæй иу. Росоловский дæр, Мигурский æмæ бирæ мингай уый хуызæн поляктау, хаст æрцыд Сыбырмæ, сæрибар поляктæй уæвын сæ кæй фæндыд, уый тыххæй. Ахæм фæндоны тыххæй та Росоловский розгæй над æрцыд, стæй йæ бакодтой, Мигурский цы батальоны уыд, уырдæм салдатæй. Росоловокий кæддæр уыдис математикæйы ахуыр- гæнæг, асæй даргъ, гуыбыргомау æмæ къæсхуыртæ адæймаг, мидæмæ хауд рустæ æмæ хъуыытъыз ныхимæ. Росоловский Мигурокийтæм цы бон æрбацыд, уыцы изæр цай цымгæйæ, кæй зæгъып æй хъæуы, фыцца- джыдæр йæ бæзджын, сабыр хъæлæсæй, райдыдта дзурын, карз æфхæрд цæй тыххæй бавзæрста, ууыл. Хабар афтæ уыдис, æмæ Сироцинокий æгас Сыбыры сарæзта сусæг къорд, уыцы къорд архайдта хъазахъаг æмæ линейный полчъыты цы поляктæ уыдис, уыдоны руаджы салдæтты, каторжникты æмæ æрцæуæг адæм- ты сыстын кæнын, афтæмæй Омскы артиллери байс- гæйæ сеппæты дæр ссæрибар кæнын. — Æмæ уымæн бакæнæн уыдис? — бафарста Мигурокии. — Уыдис, алцы дæр уыд цæттæ, — загъта Росолов- ский, йæхи фæтар гæнгæйæ æмæ æнцад, сабыргай ра- дзырдта, адæмы суæгъд кæныны пълан, æмæ йæ сæх- хæст кæнынæн цы хъæуы, стæй фæсыкк уæвгæйæ змæст аразджыты куыд фервæзын кодтаиккой, уый тыххæй. Хъуыддаг рамбылдтаиккам, дыууæ æнаккаг гадзырахатæй цæуæджы куы нæ уыдаиккой, уæд. Си- роцинский, Росоловокийы ныхæстæм гæсгæ, уыдис стыр зонды хицау æмæ ныфсхаст. Мæлгæ дæр акодта хъæбатыры мардæй. Æмæ та Росоловский йæ бæз- джын сабыр хъæлæсæй райдыдта дзурын, уымæн тæр- хон куыд кодтой, уый тыххæй, уым йæхæдæг дæр бад- тис аххосджынтимæ хицауады дзырдмæ гæсгæ. Дыууæ батальоны дыууæ рæнхъæй æрлæууыдысты даргъ уынгау, алы салдатмæ дæр дзы уыдис тасаг лæ- дзæг. Фыццаг акодтой дохтыр Шакальскийы. Кодтой йæ дыууæ салдаты, лæдзджытæ кæмæ уыд, уыдон га 140
йын цавтой йæ бæгънæг фæсонтæ, куы сæм-иу бахæц- цæ, уæд. Уый æз федтон, кæм лæууыдтæн, уырдæм куы ’рбаввахс, уæд. Раздæр æз хъуыстон барабанты гыбаргыбур, фæлæ хъусын куы байдыдта лæдзджыты æхситт, æмæ бæгънæг буарыл цæфтæ, уæд бамбæрс- тон, кæй æрбахæстæг, уый. Федтон, топпытыл хæцгæ йæ салдæттæ сæ фæдыл куыд ластой, æмæ уый дæр фестъæдф-фестъæлф гæнгæ, йæ сæр куы иуæрдæм, куы иннæрдæм азилгæйæ куыд цыдис размæ. Нæ цурты йæ куы фæцæйкодтой, уæд фехъуыстон, уырыосаг дох-т тыр куыд дзырдта салдæттæм: «Æгæр æй ма цæвут, фæтæригъæд ын кæнут», зæгъгæ. Фæлæ йæ уæддæр надтой. Æмæ йæ дыккаг хатт мæ цурты куы ’рбацæй- кодтой, уæд йæхæдæг нал цыд, фæлæ йæ ластой сæ фæдыл. Уый фæсонтæм бакæсынæй диссагдæр ницьт уыд. Æз мæ цæстытыл ныххæцыдтæн. Уый ахауд æмæ йæ ахастой, стæй уæд акодтой дыккаджы, æртыкка- джы, цыппæрæмы. Иууылдæр хаудысты æ.мæ сæ ха- стой, иуты мардæй, иннæты æрдæгмардæй, æмæ мах хъуамæ лæууыдаиккам æмæ кастаиккам. Уыцы хъуыд- даг цыдис æхсæз сахаты бæрц, боны цъæхæй суанг фæссихоры дыууæ сахатмæ. Фæстагмæ ракодтой Сиро- цинокийæн йæхи дæр. Æз æй рагæй нал федтон, æмæ йæ нал базыдтаин, — афтæ базæронд. йæ цæсгом бып- тондæр нынцъылдтæ, йæ ног даст цæсгом уыдис фæ- лурс æмæ цъæх. йæ гОхМ буар — цола æмæ фæлурс. йæ фæрсчытæ уыцы хуызæнæй зындысты, мидæмæ хауд гуыбыны сæрмæ. Уый цыдис, иннæтæкуыд цыды- сты, афтæ, алы цæфы фа?стæ дæр-иу хæрдмæ фес- хъиудта æмæ-иу йæ сæр ба!ылдта, фæлæ хъæрзгæ нæ кодта, куывта хъæрæй: Miserere mei Deus secun- dum magnam misericordiam tuam.1 — Мæхæдæг æй фехъуыстон, — тагъдгомау загъта Росоловский æмæ къухæй йæ дзых амбæрзгæйæ тых улæфт скодта. Лудвикæ бадтис рудзьгнджы цур æмæ куыдта йæ. цæсгом къухмæрзæнæй сæхкæнгæйæ. — Æмæ дæуæн афтæ æхсызгон у уый тыххæй дзу- рын! Сырдтæ — сырдтæ сты! — загъта Мигурский. йæ 1 Хуыцау баххуыс кæ дæ зæрдæхæлардзинадæй. 141
лулæ фехсгæйæ. Фестад йæ бандонæй æмæ тагъд- тагъд бацыд талынг хуыссæн уатмæ. Альбинæ бадтис цавддурау æмæ æдзынæг каст талыыг къуыммæ. VIII Дыккаг бон Мигурский хæстон ахуырæй куы ’рцыд сæхимæ, уæд тынг фæдис кодта йæ усыл, уый фыцца- гау тагъд-тагъд, хъæлдзæгæй рауад йæ размæ æмæ йæ бакодта хуыссæнуатмæ. — Цæй, Юзё, хъус мæм. — Хъусын дæм, цы зæгъыс? — Æз дысон бонмæ хъуыды кодтон Росоловокийы ныхæстыл æмæ æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: мæнæн мæ бон нал у афтæ цæрын, нал у мæ бон ам цæрын. Нæу мæ бон. Амæлдзынæн, уæддæр ам нал баззай- дзынæн. — Уæдæ дæм цы фæнд ис? — Лидзын. — Лидзгæ? Куыд? —- Æз æрхъуыды кодтон. Хъус-ма, — æмæ йын ра- дзырдта, дысон цы фæнд æрхъуыды кодта, уый. Уый уыдис ахæм фæнд: Мигурский хæдзарæй ацæудзæн изæрæй æмæ Уралы доны был ныууадздзæн йæ цинел, цыма йæхи мары, ахæм фыстæгимæ. Уæд иууыл- дæр æнхъæл уыдзысты, йæхи доны баппæрста, зæгъгæ, æмæ йын йæ мард агурдзысты, алырдæм æрвитдзысты фыстæджытæ. Уый та æмбæхсгæ бакæндзæн. Альбинæ йæ афтæ бамбæхсдзæн, æмæ йæ иу дæр не ссардзæн, Афтæмæй ацæрдзæн иу мæйы бæрц. Стæй уæд, æппæт дæр куы ’рсабыр уа, уæд алидздзысты. Ахæм фæнд Мигурокиймæ фыццаг афтæ фæкаст, цыма йын баххæст кæнæн нæй, фæлæ йын Альбинæ’ ахæм фырмонц æмæ зæрдиагæй дзырдта, æмæ йын æнæ сразы нал уыд. Æнæ сразы уæвæн дæр ын нæ уыд уымæн, æмæ йын, мийаг, алидзын куы нæ бан- тыстаид, уæд æй, Росоловский куыд радзырдта, афтæ- мæй бафхæрдтаиккой, куы йын бантыстаид, уæд та сæрибар суыдаид, стæй уыдта, Альбинæйæн йæ сывæл- лæтты амарды фæстæ куыд зын уыдис ам цæрын, уый- 142
Росоловский æмæ Лудвикæйæн хорз æмбæрстгонд æрцыди хъуыддаг, æмæ бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сарæзтой алыгъды бæлвырд пълан. Фыццаг хъавыдысты афтæ бакæнынмæ, æмæ Мигурскийы дон- ластыл куы банымадтаиккой, уæд уый хъуамæ фистæ- гæй алыгъдаид. Альбинæ та хъуамæ йæ фæстæ цы- даид экипажы æмæ бæрæг ран сæмбæлдаиккой ны- сангонд бынаты. Афтæ уыдис сæ фыццаг пълан. Фæлæ Росоловокий куы радзырдта фæстаг фондз азы дæргъы алидзын бантыст Сыбырæй æрмæстдæр иунæг амонд- джын адæймагæш, зæгъгæ, уæд Альбинæ æрхъуыды кодта æндæр фæнд, ома Юзё экипажы æмбæхстæй ацыдаид йемæ, стæй Лудвикæимæ Саратовы онг. Уым, Саратовы, йæ дзаума раизгæйæ, Волгæйы дæлæмæ ацæудзæн æмæ нысангонд бынаты сбаддзæн бæлæгъы, кæныйы уый баххуырсдзæн Саратовы æмæ афтæмæй Альбинæ æмæ Лудвикæимæ ныццæудзысты Астраханы онг, стæй Каспийы денджызыл ахиздзысты Персмæ. Уыцы фæнд æппæты зæрдæмæ дæр фæцыд, уæлдайдæр та Росоловскийы, фæлæ зын саразæн уыдис, хицауад гуырысхо кæуыл нæ фæуыдаид, афтæмæй адæймагкæм бацыдаид, ахæм бынат экипажы. Альбинæ йæ сывæл- лæтты ингæнтæ бабæрæг гæнгæйæ куы радзырдта Ро- соловскийæн, куыд тынг зын æм кæсы йæ сывæллæт- ты ингæнтæ æцæгæлон бæстæйы ныууадзын, уæд Росо- ловский ахъуыды гæнгæйæ загъта: — Хицауадæй кур, цæмæй дын дæ сывæллæтты чырынтæ демæ аласын бауадзой, уыцы бар дын ратт- дзысты. — Нæ, нæ хъæуы, мæ бон нæу, — загъта Альбинæ. — Кур сæ! Афтæ хъæуы. Max нæ сисдзыстæм чы- рынтæ, фæлæ сын сараздзьгстæм экипажы стыр асыкк, асыччы та бамбæхсдзыстæм Юзёфы. Альбинæ раздæр уыцы фæндоныл ыæ разы кодта: зын æм касти, ахæм сайындзинад йæ сывæллæттимæ бæттын, фæлæ Мигурский хъæлдзæгæй куы сразы уы- цы фæндоныл, уæд ницыуал загъта. Афтæмæй, æппын- фæстаг, æрцыдысты ахæм фæндонмæ: Мигурский са- раздзæн æппæт дæр, цæмæй йыл хицауад баууæнды- даид, йæхи доны кæй баппæрста, ууыл. Стæй йæ мар- ды хабарыл куы баууæндой, уæд Альбинæ бадæтт- 143-
дзæн курдиат, цæмæй йын йæ лæджы амарды фæстæ раттой йæ райгуырæн бæстæмæ аздæхын æмæ йæ сы- вæллæтты мæрдтæ аласыны бар. Уыцы бар ын куы радтой, у,æд цыма йæ сывæллæтты ингæнтæ скъахта æмæ чырынтæ систа, афтæ бакæндзысты, афтæмæй та чырынтæ ныууадздзæн сæ бынаты, семæ сын цы асыкк скодтой, уым бамбæхсдзысты Мигурскийы. Афтæмæй асыкк бавæрдзысты тарантасы æмæ ныццæудзысты Саратовы онг. Саратовы сбаддзысты лодкæйы. Лод- кæйы Юзё рахиздзæн асыккæй, æмæ аленк кæндзысты Каспийы денджызмæ. Уырдыгæй та Персмæ кæнæ Туркмæ æмæ уæд уыдзысты сæрибар. IX Фыццаг дæр Мигурскийтæ балхæдтой тарантас, цы- ма дзы Лудвикæйы йæ райгуырæн бæстæмæ æрви- тынц, уый æфсонæй. Стæй дзы аразын райдыдтой ахæм асыкк, æнæ фæхуыдыгæй адæймагæн тымбыл- тæй хуыссæн кæм уыдаид, стæй уырдыгæй æнæгуыры- схойæ рахизæн, стæй та фæстæмæ бахизæн дæр. Æр- тæйæ Роооловский, Альбинæ æмæ Мигурсжий йæхæ- дæг арæзтой рабыр-бабыргæнгæ асыкк. Ноджы æх- хуыс дæр уыдис Росоловский, уый уыдис, дæсны хъæды куыстгæнæг. Асыкк æрцыдис афтæ арæзт, цæ- мæй йын фæстейы æнгом ныффидаргæнæн уыдаид та- рантасы гуыффæмæ, гуыффæйыл цы фарс æндзæвыд, уый та уыдис гомгæнгæ, уымæ гæсгæ-иу асыччы фарс райсгæйæ адæймагæн йæ бон уыдис хуыссын йæ иу æрдæг тарантасы, аннæ æрдæг та кузовы, афтæмæй. Уæлдæф цæуынæн асыччы уыдис хуынчъытæгонд. Æттейы уыдис ерджентæй тыхт, стæй бæндæнтæй баст, асьгккмæ бацæуæн æмæ рацæуæн уыдис таран- тасыл, кæцыран уыдис бадæнтæ конд. Тарантас æмæ асыкк цæттæ уыдысты, Мигурский цалынмæ сæфтыл нымад æрцыдаид, уый размæ. Æмæ ныр Альбинæ ацыд æмæ хицауадæн фехъусын кодта, йæ лæг йæ зондæй, фæцудыдта, æмæ кæй кодта йæхи марыны фæнд æмæ йын уымæ гæогæ тынг тæрсы, ку- ры, цæмæй йæ рæстæгмæ суæгъд кæной. Драматикон 144
аивадмæ йæм цы курдиатдзинад уыдис, уый йæ ныр бахъуыд. йæ зæрдæйы рыст æмæ йæ тарстдзинад йæ мойыл, афтæ дæсныйæ равдыста, æмæ булкъонæн æнæ сразы нал уыд, зæрдæ бавæрдта, йæ бон цы у, уымæй баххуыс кæнын. Стæй Мигурский ныффыста писмо, кæцыйы хъуамæ ссардтаиккой йæ цинелы дысы фæл- дæхты Уралы до-ны был. Иу нысангонд бои изæрæй, уый ацыд Уралы доны былмæ, банхъæлмæ каст та- льгнгмæ, стæй уæд до-ны был ныууагъта йæ дарæс, ци- нел æд писмо æмæ сусæгæй фæстæмæ раздæхт сæхи- мæ. йе ’рбацыдмæ йын цары сцæттæ кодтой бынат. Æхсæвы Альбинæ булкъонмæ арвыста Лудвикæйы, цæмæй йын фехъусын кæна, йæ лæг сæ хæдзарæй кæй ацыд дыууын сахаты размæ æмæ фæстæмæ кæй нал æрбаздæхт. Райсомæй йын æрбахастой йæ лæджы пис- мо æмæ йæ уый дæр йæ цæссыг калгæ æрдиаггæнгæ бахаста булкъонмæ. Къуырийы фæстæ Альбинæ балæ- вæрдта курдиат йæ райгуырæн бæстæмæ аздæхыны тыххæй. Йæ лæгыл цы зæрдæрыстдзинад æвдыста, уый сеппæты дæр дисы æфтыдта. Иууылдæр тæригъæд кодтой æнамонд мадæн, æнамонд усæн. Ацæуыны бар ьш куы радтой, уæд та балæвæрдта æндæр курдиат, цæмæй йын бар радтой йæ сывæлл-æтты мæрдтæ скъа- хын æмæ сæ йемæ аласын. Хицауад тынг фæдис кодтой, уымæн йегæр æнкъа- рæг зæрдæйы уагыл, фæлæ йын бар радтой уымæн дæр. Уыцы бар райсты фæстæ, дыккаг бон изæрæй Ро- соловский, Альбинæ æмæ Лудвикæ æххуырсгæ уæрдо- ны æд асыкк, сывæллæтты чырыптæ хъуамæ æвæрд кæм æрцыдаиккой, уым æрцыдысты сæ сывæллæтты ингæнтæм. Альбинæ йæ сывæллæтты инпæнты цур æр- хауд йæ зонгуытыл, акуывта, стæй тагъд фестгæйæ Росоловокийæн загъта: — Кæнгæ ут цы хъæуы уый, мæнæн мæбон нæу, — æмæ иуварс ацыд. Росоловский æмæ Лудвикæ иуварс айстой ингæны дур, æмæ ингæнтæ уæлæнгæйтты акъахтоц, цæмæй къахты хуызæн уой. Сæ куыст куы фесты, уæд фæдзырдтой Альбинæмæ æмæ асыкк сы- джытæй байдзаггæнгæйæ æрыздæхтысты сæхимæ. Æрхæццæ, цæуынвæнд цы бои скодтой, уый. Росо- 10 Л. Н. Толсюй. 145
ловский цин кодта, сæ куыст кæронмæ кæй фæхæццæ, ууыл. Лудвикæ фæндагмæ сфыхта печенитæ æмæ гуылтæ йæ уарзон дзырдтæ „Jakmamekocham"1 дзур- гæйæ, йæ зæрдæ фырцин æмæ тарстæй рацæйтыдта. Мигурский цин кодта йе ссæрибардзинадыл царæй, уыцы ран фæбадтис мæйæ фылдæр, фæлæ ноджы тынгдæр та цин кодта Альбинæйы сцæрдæгдзинад æмæ хъæлдзæгдзинадыл. Цыма дзы йæ раздæры зæр- дæрыстдзинад æмæ тасдзинад рох фесты, афтæ хъæл- дзæгæй-иу балæууыд цары. Æртæ сахатыл æрбацыд, фæндагыл семæ чи цыд, уыцы хъазахъаг æмæ æрбакодта йемæ бæхтæрæджы æмæ æртæ бæхы. Альбинæ æмæ Лудвикæ къæбыла- имæ сбадтысты тарантасы гауызæй æмбæрзт базтыл. Бæхтæрæг æмæ хъазахъаг та сбадтысты разæй бæхтæ- рæджы бандоныл. Мигурский та зæхкусæджы дарæ- сы хуыссыд тарантасы гуыффæйы. Горæтæй рахызтысты вэмæ цæрдæ.г бæхтæ тарантас скъæфтой дурау хъæбæр над фæндагыл, фароны хæ- мыцырихи æвзистау кæм æрттывта, уыцы æнæхуым- гонд быдырты. X Альбинæйæн фырцинæй йæ зæрдæ йæ риуæй ра- цæйтыдта. Йæ циндзинад æй фæндыдис Лудвикæйæн радзурын, хаттгай-иу æм йæ мидбылты худгæ фæка- стис æмæ-иу ацамыдта куы размæ, куы хъазахъаджы бæзæрхыг фæсонтæм, куы та тарантасы гуыффæйы бынмæ. Лудвикæ æнцад -æнæзмæлгæйæ кастис размæ æмæ-иу гæзæмæ йæ былтæ базмæлын кодта. Уыдис райдзаст бочг. Фæйыæрдыгæй, æдзæрæг быдыртæ сæхи дардыл айтыгътой. Фæйнæрдыгæй райсомы хуры тын- тæм хæмыцырихи æвзистау æрттывта. Хъæбæр над фæндагыл, раст асфальтыл цæуæгау, къæрцц-къæрцц кодтой башкираг æнæцæфхад цырд бæхты къæхтæ, æмæ-иу фæндагæп куы йæ иу, куы иннæ фарс фæзындысты хъулон уырыты хуынчъыты обæуттæ, кæнæ та-иу чысыл сырд йæфæстæгтыл слæу- 1 „Мадау уарзып". 146
гæйæ йæ алыварс хъахъæдта, æмæ-иу тасдзинад исче- рдыгæй куы фæзынд, уæд та-иу цъæхснаг æхситтæй бамбарын кæнгæйæ йæ хуынчъы амбæхст. Цæуджытæ арæх не ’мбæлдысты: хъазахъаг уæрдæтты мæнæути- мæ, куы та бæхджын башкиртæ, хъазагъаг-иу семæ аныхас кодта тæтæйраг æвзагыл. Алы станцæйы дæр лæвæрдтой æвæллад, хæрзхаст бæхтæ. Альбинæ бæх- тæрджытæн лæвæрдта сомы æрдджытæ арахъæн æмæ уыдон дæр цыппæрвадыгæй скъæрдтой бæхтæ. Фыццагдæр цы станцæмæ ныххæццæ сты, уым ца- лынмæ бæхтæ ивтой, уæдмæ хъазахъаг бацыдис кæрт- мæ. Альбинæ уыцы рæстæг æргуыбыр кодта æмæ ба- фарста йæ лæджы, куыд у æмæ йæ кæд исты хъæуы, зæгъгæ. — Тынг хорз. Ницы хъæуы. Афтæ фæхуысдзынæн дыууæ суткæйы дæр. Изæры ’рдæм ныххæццæ сты иу стыр хъæу Дерга- чимæ. Цæмæй йæ лæг йе уæнгтæ аиваза æмæ аирхæф- са йæхи, уый тыххæй Альбинæ бæхтæ æрлæууын кодта почтæйы станцæйы нæ, фæлæ æхсæвиуатгæнæг кæрты æмæ хъазахъагмæ радта æхца æйчытæ æмæ æхсыр балхæнынæн. Тарантас лæууыдис сарайы бын. Æт- тейы уыдис талынг, Лудвикæйы æрлæууын кодта хъазахъаджы хъахъæнынмæ, йæхæдæг йæ лæджы ра- хизын кодта, радта йын хæринаг, стæй хъазахъаджы æрбацыдмæ фæстæмæ баздæхт йе ’мбæхст бынатмæ. Ногæй та арвыстой бæхтæм æмæ дарддæр кодтой сæ балц. Альбинæ æнкъардга йæ ныфс фидарæй-фидар- дæр кæй кæны æмæ йæ цин æмæ хъæлдзæгдзинадæн нал уыд кæрон. Лудвикæ хъазахъаг æмæ Трезоркæ- имæ йеттæмæ кæимæ ныхас кодтаид, уый йын нæуыд æмæ сæ йæхн ирхæфста. Лудвикæ кæд рæсугъд нæ уыд, уæддæр нæлгоймагимæ фембæлгæйæ, кæддæрид- дæр æнхъæл уыди, цыма та йæ уарзынц. Ныр дæр аф- тæ хъуыды кодта йæхи нымæр цъæхцæст, хæларзæр- дæ домбай уралаг хъазахъаджы тыххæй дæр, уый сæ фæндагыл хæццæ кодта æмæ сæ зæрдæмæ бацыдис дыууæ сылгоймагæн дæр йæ хуымæтæгдзинад æмæ зæрдæхæлардзинады тыххæй. Æдзух Альбииæ æрдхъи- рæн кæмæ кодта, бандоны бынмæ ма смуд, зæгъгæ, уыцы куыдз Трезоркæ ныр хъазыдис Лудвикæимæ 147
æмæ йæ худæджы цæстмæ митæ кæнгæ хъæлдзæгæй худтис, цы фаутæ йыл æвæрдтой, уыдоныл. Альбинæ тыхсæгау кодта, иуæй тасдзинадæй, иннæмæй та йæ хъуыддаг æххæст кæнын кæй байдыдта, уымæй, стæй диссаджы рæстæгæй, æмæ быдырты уæлдæфæй, ныр- тæтскæ æвзарын байдыдта рагæй кæй нал бавзæрста, ахæм æвзонг сывæллоны зæрдæйы æнкъарæнтау цин æмæ хъæлдзæгдзинад. Мигурский йыы хъуыста йæ хъæлдзæг ныхас, æмæ уый дæр, кæд ын зын кæй уы- дис, уый нæ хъæр кодта (уæлдай æнтæфдæр уымæн уыд, стæй дойныйæ дæр мардис), уæддæр йæхи рыст- дзипад ферохгæнгæйæ цин кодта Альбинæйы циныл. Дыккаг бон изæры ’рдæм мигъы цыдæр æндæр- джытæ зынын байдыдтой. Уый уыдис Саратов æмæ Волгæ. Хъазахъаг йæ цырд цæстытæй ауыдта Волгæ æмæ науы хъилтæ а&мæ сæ амыдта Лудвикæйæн. Луд- викæ дæр загъта уынын сæ, зæгълæ. Альбинæ дзы кæд ницы æвзæрста, уæддæр æй йæ лæг цæмæй фехъуы- стаид, уый тыххæй барæй хъæрæй дзырдта: — Саратов, Волгæ, — æм-æ ’ цыма Трезоркæимæ ныхас кодта, афтæмæй йæ лæгæн дзырдта, цы фед- та, уыдон æппæт дæр. XI Саратовмæ нæ бацæугæйæ Альбинæ æрфысым код- та Волгæйы рахиз фарс горæты тæккæ бакомкоммæ Покровскы слабодкæйы. Ацы ран йæ зæрдæ дардта, уæдæ æхсæвы йæ моимæ аныхас кæндзæн, стæй йæ асыккæй дæр ракæндзæн, фæлæ хъазахъаг уыцы цы- быр фæззыгон æхсæв тарантасæй иу фарс нæ ацыд, бадтис сарайы тарантасы фарсмæ афтид уæрдоны. Лудвикæ Альбинæйы уынаффæмæ гæсгæ бадтис та- рантасы æмæ æнхъæл уыди, уæдæ хъазахъаг, уый тыххæй нæ цæуы тарантасы цурæй æмæ йæм йæ цæст ныкъуылдта, бахудтис-иу æмæ та-иу йæ дзыгъуыр цæсгом кæлмæрзæнæй амбæрзта. Фæлæ Альбинæмæ уый худæг нæ кастис, нæ фæлæ ма катайы дæр бацыд хъазахъаг тарантасæй иуварс кæй нæ цыд, уый тыххæй. Уыцы цыбыр æхоæв уый иу цалдæр хатты рацьтд 148
уатæй æвзæр тæфкалгæ галлерейы рæзтьг дæлбазырмæ. Хъазахъаг уæддæр фынæй нæма уыд, йæ къæхтæ æруадзгæйæ бадтис тарантасы фарсмæ афтид уæрдо- ны. Æрмæст бонырдæм, уасджытæ уасын куы байдыд- той, куы иу куы иннæ кæртæй, уæд Альбинæ æрцыдис бьшмæ æмæ ссардта фадат йæ моимæ аныхас кæны- нæн. Хъазахъагæн цыди йæ хуырхуыр уæрдоны йæхи ауадзгæйæ. Альбинæ арæхстгай бацыд тарантасмæ æмæ асьикк бахоста. — Юзё! — дзуапп нæ райхъуыст. — Юзё, Юзё! — фæтæрсгæйæ ноджы хъæрдæрæй бадзырдта Альбинæ. — Цы кæныс, мæ зынаргъ, цы? — хуыссæгхъæлæ- сæй радзырдта Мигурский асыккæй. — Дзуапп цæуылнæ лæвæрдтай? — Фынæй уыдтæн, — загъта Мигурокий æмæ йæ Альбинæ йæ хъæлæсмæ гæсгæ базыдта худгæ кæй кæ- ны, уый. — Гъы, куыд, ацæуон? — бафарста уый. — Нæ, хъазахъаг ам ис, —æмæ уыцы ныхас куыд- дæр загъта, афтæ Альбинæ бакастис уæрдонмæ хъаза- хъагмæ æмæ дисы бацыд, хъазахъаг уыдис фынæй, афтæмæй та йæ хæлар цъæх цæстытæ уыдысты гом. Уый кастис Альбинæмæ, стæй куы фемдзаст сты, уæд йæ цæстытæ ахкæдта. «Мæнмæ афтæ фæкастис, æви æцæгдæр фынæй нæ уыд? фарста йæхи Альбинæ, — раст у, кæсгæ мæм афтæ фæкодта»,— ахъуьтды кодта уый æмæ та йæ лæгмæ бадзырдта: — Бафæраз-ма иучысыл, — загъта Альбин-æ.— Хæрын дæм цæуы? — Нæ, тамако дымьш мæм цæуы. Альбинæ та но- гæй бакаст хъазахъагмæ: уый фынæй уыд «Æцæгдæр, уый мæм кæсгæ афтæ фæкодта», — ахъуыды кодта уый. — Ныр æз цæуын губернатормæ. — Фæидараст... Æмæ Альбинæ чумæданæй систа йæ дзаумæгтæ æмæ бацыд хæдзармæ йæ дзаума кæнынмæ. Скодта йæ идæдзы къабатæн сæ хуыздæр æмæ бахызт Вол- гæйы фаллаг фарсмæ. Уым доны был баххуырста бæх- тæрæджы æмæ ацыд губернатормæ. Губернатор æй райста. Уымæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд францусагау 1 W
дзырдарæхст, хæрзконд, аивмидбылты худтæ кæнгæ идæдз полячкæ. Радта йын бар йæ фæндæттæн, стæй ма дзы куырдта, цæмæй йæм иннæ бон дæр æрбауайа æмæ дзы райса бардзырд Царицыны горæты губерна- тормæ. йæ курдиатæн разыйы дзуапп райсгæйæ æмæ губернатюры зæрдæмæ дæр кæй фæцыд, ууыл цингæн- гæйæ ныфсджынæй раздæхт уæрдоны наулæууæнмæ, уырдыг æнæконд уынгты. Хур бæрзонд йæхи систа хъæды сæрмæ æмæ йæ зулаив тынтæ хъазыдысты ивылд доны уылæнты. Галиуæрдыгæй æмæ рахизæр- дыгæй къуыбыртыл, урс мигътау æрттывтой, хорз тæф калгæ фæткъуы бæлæстæ. Науты хъилтæ хъæдау зындысты доны былæй. Урс парустæ та урс-урсид æрт- тывтой хуры рухсмæ ивылд доны сæрмæ. Наулæууæны бæхтæрджытимæ ныхасгæнгæйæ Альбинæ бафарста Астраханмæ бæлæгъ баххуырсæн ис æви нæ, зæгъгæ, æмæ уайтагъддæр дæсгæйттæй бæлæгъты хицæуттæ хъæлдзæгæй алæууыдысты йæ разы, дæ хорзæхæй, зæгъгæ. Баныхао дзы кодта иуимæ, йæ зæрдæмæ дзы тынгдæр чи фæцыд, ахæмимæ, æмæ йын ацыд йæ бæ- лæгъ уынынмæ. Уый лæууыдис наулæууæны иннæ бæ- лæгъты æхсæн. Бæлæгъы фидар конд уыдис чысыл науы хъил па- русимæ, уымæ гæсгæ уыцы бæлæгъы цæуæн уыдис дымгæйы тыхæй дæр. Дымгæ куы нæ уыдаид, уæд та дзы ис фийæгтæ æмæ бæзæрхыг, хъæлдзæг дыууæ лæппуйы, бæлæгътæрджытæ. Уыдон бадтысты хурмæ бæлæгъы. Хæларзæрдæ, хъæлдзæг лоцман дзырдта, зæгъгæ, тарантасы уадзын нæ хъæуы, фæлæ йын йæ цæлхытæ рафтауæм æмæ йæ лодкæйы сæвæрæм, зæгъ- гæ. «Бацæудзæн дзы æмæ сымахæн дæр æнцондæр уы- дзæн бадынмæ. Стæй хуыцау хорз рæстæг рауадзæд, æндæр мах фондз бонмæ Астраханы балæудзыстæм». Альбинæ баныхас кодта бæлæгъы хицауймæ æмæ дзы куырдта, цæмæй æрбацæуа Покровскийы слабод- кæмæ Лошновы æхсæвиуатлæнæн .кæртмæ, цæмæй уьгм фена тарантас æмæ райса развæлгъау. Хъуыддæгтæ рауадысты куыд æнхъæл уыди, уымæй хуыздæр. Тынг хъæлдзæг æмæ цингæнгæ Альбинæ æрбахызтис Волгæ- йыл, бафыста æхца бæхтæрæгæн æмæ араст æхсæви- уаткæнæн кæрты ’рдæм. 150
XII Хъазахъаг Данило Лифанов уыд Общий Сырты стрелецты хъæуæй. Цыдис ыл æртын цыппар азы æмæ хъазахъагслуж- бæйы уыди фæстаг мæй. Биноптæй йын уыдис Пугачевы дæр ма чи хъуыды кодта, ахæм фыды фыд, нæуæдз аздзыд, дыууæ æфсымæры зæронд дины уырнындзинады тыххæй Сыбыры каторгæмæ кæй ар- выетой, уыцы хисдæр æфсымæры ус, ноджы йæхи ус, дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуимæ. Иæ фыд мард фæци француоæгтимæ хæсты рæстæг. Йæхæдæг уыдис бинонты хисдæр. Уыдис сæм æхоæрдæс бæхы, дыууæ цæды галтæ, хуымгонд æмæ сын тыд уыдис сæхицæн æхсæрдæс сотыæйы. Данило йæхæдæг службæ кодта Оренбурджы, Хъазаны, æмæ ныр æрхæццæ сты йæ службæйы фæстаг бонтæ. Фидар хæст уыд зæронд ди- ныл: тамако нæ дымдта, арахъ нæ нозта, иу къусæй нæ хордта æмæ нæ нозта иннæтимæ, зæрдиагæй æх- хæст кодта æфсады ардбахæрд. Йæ алы хъуыддаджы дæр уыдис фидар, уæзбын æмæ иузæрдион, æмæ йын хицауад йæ бар цы хъуыддаг бакодта, ууыл-иу бацар- хайдта æнувыдæй æмæ-иу æй цалынмæ баххæст код- таид, уæдмæ дзы иу минут дæр рох нæ кодта. Ныр дæр ын йæ бæрны бакодтой, куыд æй бамбæрста, аф- тæмæй Саратовмæ ныххæццæ кæнын дыууæ польшæ- йаг сылгоймаджы мæрдты чырынтимæ, цæмæй сыл фæндагыл мацы æрцæуа, æмæ мацы фыдуаг митæ кæ- ной, афтæмæй сæ æгъдауыл Саратовы хицауадмæ рат- тын. Афтæмæй сæ ныххæццæ кодта Саратовмæ æд куыдз æмæ марды чырынтимæ. Сылгоймæгтæ уыдысты уæздак æмæ хæларзæрдæ, æмæ кæд полячкæтæ уыды- сты, уæддæр æвзæрдзинадæй ницы кодтой. Фæлæ По- юровокийы хъæуы ауыдта, куыдз тарантасмæ сгæпп кодта æмæ райдыдта ниуын йæ къæдзил тилгæ, та- рантасы бынæй та йæм райхъуыст кæйдæр хъæлæс. Зæрондд-æр полячкæ тарантасы къæбыла куы ауыдта, уавд фæтарсти, фелвæста йæ æмæ йæ ахаста. «Ам цыдæр ис»,— ахъуыды кодта хъазахъаг æмæ райдыдта хъахъæнын. Æхсæвы æрыгондæр полячкæ тарантасмæ куы рацыд, уæд хъазахъаг йæхи фынæйы 151
æфсон скодта, æмæ уæд фехъуыста æцæгдæр асыккæп нæлгоймаджы хъæлæс. Хъазахъаг райсомæй раджы ацыд пъæлицæмæ æмæ фехъусын кодта кæй ласы, уы- цы поляшкæтæ гуырьюхойаг адæм кæй стыæмæ.мæрдты бæсты асыччы удæгас адæймаджы кæй ласынц, уый. Альбинæйы ныр уыдис фидар ныфс, уæдæ тас ни- цæмæй уал у æмæ цалдæр боны фæстæ уыдзыстæм сæрибар, зæгъгæ æмæ хъæлдзæгæй, цингæнгæ баздæхт æхсæвиуатгæнæн хæдзары ’рдæм, фæлæ дуармæ куы ауыдта дыууæ хъал арæзт бæхы æмæ дыууæ хъаза- хъаджы, уæд дисы бацыд. Дуармæ æрбамбырд сты адæм æмæ кастысты кæртм-æ. Альбинæйы ахæм стыр ныфс уыдис, æмæ йæ сæр- мæ дæр никуы ’рцыдаид ахæм хъуыды, уыцы дыууæ хъазахъаджы æмæ чи æр-æмбырд, уыцы адæм уымæ исты бар дарой. Бахызти кæртмæ æмæ уыцы иу рæс- гæг бакаст сарамæ,— йæ тарантас кæм лæууыд, уыр- дæм, æмæ ауыдта, адæм йæ тарантасы цур кæй æрæм- бырд сты æмæ сыл Трезоркæ тынг кæй рæйы, уый. Æрцыдис, кæмæй тарстысты, уыцы æнамонддзинад. Тарантасы цур лæууыдис æрттивгæ сыгъдæг мундиры, хурмæ тæмæнтæ калгæ æгънæджытæ, пъагæттæ æмæ лакæй сæрст цырыхъыты бæзæрхыг лæг, сау бакен- бардтимæ æмæ ныхас кодта цæйдæр тыххæй хъæрæй, фæсус тызмæг хъæлæсæй. Сæ цуры дыууæ салдаты æхсæн зæхкусæджы дарæсы лæууыдис йæ оазры хъуынты хосы муртæ, афтæмæй йæ лæг Юзё -æмæ йæ алы фарс цытæ цæуы, уый не ’мбаргæйæ-иу, куы сха^- цыд, куы æруагъта йæ домбай уæхсчытæ. Трезоркæ, æптæт фыдбылыз дæр уый аххосæй кæй æрцыд, уый не ’мбаргæйæ, мæстыйæ дзæгъæл рæйд кодта пъæли- цæйагыл, йæ хъуын арц сбадгæйæ. Мигурскин Альби- нæйы куы ауыдта, уæд фестъæлфыд, хъавьгд æм ба- цæуын, фæлæ йæ салдæгтæ нæ бауагътой. — Ницы кæны, Альбинæ, ницы, — загъта Мигур- ский фæл.м.æн мидбылты бахудгæйæ. — М|æнæ æхсин йæхæдæг дæр! — загъта пъæли- цæйаг. — Табуафси, ардæ»м! Дæ сабиты чырынтæ сгы? — И? —загъта уый, — Мигурскиймæ йæ цæст эер- ныкъулпæйæ. 152
Альбинæ ницы дзырдта, æрмæст йæ риуыл ныххæ- цыд, æмæ сагъдæй баззайгæйæ кастис йæ лæгмæ. Мæлæты размæ, кæнæ та царды тæккæ тæссагдæр минутты куыд вæййы, афтæ Альбинæ банкъардта æнæкæрон бирæ æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, фæлæ йæ уæддæр нæма æмбæрста, нæма йæ уырныдта, цы æнамонддзинæдтæ æрцыдис, уый. Фыццаг æнкъарæн ыи зьгндгонд уыдис рагæй,—æфхæрд сæрыстырдзи- пады æнкъарæн, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ хъæбатыр лæджы куы ауыдта, уæд, уыцы гуымиры хъæддаг адæм кæй бассæстой, уый. «Адæмты хуыз- дæрты хуыздæр чи у, ууыл цæмæн хæцынц, цæмæн ыл цæуы сæ бон!» Иннæ æнкъарæн та уыдис, ныртæк- кæ цы æнамонддзинад æрцыд, ууьтл хъуыды. Уыцы хъуыды та йын йæ зæрдыл æрлæууын кодта йæ царды тæккæ æнамонддæр хабар, йæ сыв-æллæтты мæлæт. Æмæ уæд уайтагъддæр февзæрд фарста: цæмæн? цæй тыххæй йын байстой йæ сабиты? Уыцы фарсты фæстæ та февзæрд æндæр фарста: цæй тыххæй сæфы æмæ утхар кæны йæ уарзон, адæмы хуыздæрты хуыздæр, йæ лæг? Æмæ ацы pan йæ зæрдыл æрбалæууыд, цы æгаддзинады тæрхон æм æнхъæлмæ кæсы ныр, æмæ уыцы хъуыддаджы иунæг йæхæдæг, Альбинæ, кæй у аххосджын, уый. — Чи у? Дæ лæг у? — бафарста пъæлицæйаг. — Цæй тыххæй, цæй тыххæй?! — ныхъæр кодта Альбинæ, æмæ æррайы худт ныккæнгæйæ бахауд, та- рантасæй ист чи ’рцыд, уыцы асыккыл. Богъбогъгæн- гæ йæм, йæ цæосьтг калгæ бацыд Лудвикæ. — Æхсин, м,æ зынаргъ æхсин! Хуыцауыл куыд æу- уæндын, афтæ мæ у-ырны, ницы ны,н уыдзæн, ницы! — дзырдта йын æнæсæрфатæй Лудвикæ йæ къухтæй йæ сæрфгæйæ. Мигурскийы къухтыл бакодтой хъадамантæ æмæ йæ ракодтой кæртæй. Уый куы федта Альбинæ, уæд й,æ фæдыл азгъордта: — Ныххатыр мын кæн, ныххатыр мып кæн, — дзырдта уый.—Æз уыдтæн! Æз дæн аххосджын! — Уым æй равзардзысты, аххосджын чи у, уый. Дæумæ дæр бахæццæ уыдзысты, — загъта пъæлицæ- йаг æмæ йьтл къухæй иуварс ахæцыд. 153
Мигурскийы акодтой донхизæны ’рдæм, Альбинæ дæр цыдис йæ фæдыл, цæй тыххæй, уый йæхæдæг дæр не ’мбаргæйæ, æмæ Лудвикæйы лæгъстæмæ нæ хъус- гæйæ. Хъазахъаг Данило Лифанов уыцы рæстæг лæууыд тарантасы цур æмæ-иу æнкъардæй куы пъæлицæйагмæ бакаст, куы Альбинæмæ, ,куы та йæ къæхтæм. Мигурокийы куы акодтой, уæд Трезоркæ иунæгæй баззайгæйæ йæ къæдзил тилгæ цинтæ кæнын райдыдта хъазахъагыл, Сахуыр ыл ис фæндагыл. Хъазахъаг иу- варс ацыд тарантасæй, йæ худ фелвæста йæ сæрæй æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй ныццавта зæххыл, йæ къахæй асхуьюта Трезоркæйы æмæ бацыд хæрæндон- мæ. Хафæндоны бацагуырдта арахъ æмæ нозтаæхсæв бонмæ, банозта, цыдæриддæр æм уыдис æмæ йыл уы- дис, уыдон, афтæмæм, дыккаг бон изæрæй къанауы куы райхъал, æрмæстдæр уæд ныууагъта хъуыды кæнын, цы фарста й,æ тыхсын кодта, ууыл: хорз бакодта, хи- цауадмæ полячкæйы лæг æмæ асыччы тыххæй дзырд кæй бахаста, уымæй? Мигурскийæн йæ алыгъды тыххæй кодтой тæрхон æмæ йын рахастой лæдзæджы мин цæфы тæрхон. Иæ хæстæджытæ æмæ Вандæ, Петербурджы зонгæ кæимæ уыдысты, уыдоны руаджы хицауадæй ракуырдтой, цæ- мæй йын йæ т-æрхон фæлæмæгъдæр кæной, æмæ йæ ахастой мыккагмæ цæрынмæ Сыбырмæ. Альбинæ ацыд йæ фæдыл. Николай Павлович та цин кодта, революцийы гид- рæ кæй ныххурх кодта æрмæст Полыиæйы нæ, фæлæ ма æгас Европæйы дæр, æмæ сæрыстыр уыдис, уырыс- саг хæдхæцæг паддзахады фæдзæхстытæ кæй нæ фе- хæлдта, æмæ уырыссаг адæмы пайдайæн Польшæйы кæй нæ ауагъта Уæрæсейы къухæй, уымæй. Æмæ дзы сыгъзæрин мундиртæ æмæ стъалыджын адæймæгтæ уый тыххæй афтæ æппæлыдысты, æмæ ма йæ суанг мæлгæйæ дæр тынг уырныдта, стыр номдзыд лæг кæй у, æмæ йæ цард дзыллæтæн стыр пайда кæй æрхаста, уæлдайдæр та уырыссаг адæм.æн, кæцытæ сæнæгъдау, æмæ ссæлхæр кæнынмæ æнæсæрфатæй арæзт уыды- сты йеппæт тыхтæ дæр.
ХЪАЗАХЪ (Кавказаг повесть) I Алцы дæр æрсабыр Мæскуыйы. Æрмæст ранæй- рæтты хъуысы цæлхыты хъыррыст зымæгон уынджы. Рудзгуытæй рухс нал цæуы, фанартæ дæр ахуыссыды- сты. Аргъуанты дзæнгæрджыты гуывгуыв, азæлгæйæ, хæлиу кæны фынæй горæты сæрмæ æмæ æмбарын кæны, сбонмæ бирæ кæй нал ис, уый. Уынгты иу цъиузмæ- лæг дæр нæй. Ранæй-рæтты æхсæвбадæг бæхтæрæг йæ дзоныгъы нарæг хъустæй змис митимæ бамхæццæ кæ- ны æмæ уынгæн йæ фаллаг фарс, фисыны цур, чи йæ баххуырсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бафынæй вæййы. Фæцæуы зæронд ус аргъуанмæ; уым сыгъзæ- рин цырагъдарæнтыл ранæй-рæтты иугай, хæццæ-мæц- цæ æвæрдæй, сырх тæлмытæ уадзгæйæ, судзынц мы- дадзын цырæгътæ, сæ рухсы тынтæй цырагъдарæнты фæлгуырыл хъазгæйæ. Кусæг адæм, даргъ æхсæвы фæстæ, уæлæмæ стын байдыдтой, æмæ алчи йæ куыст- мæ цæуы. Æлдæрттæ æмæ хицæуттæн та ыырма ныр байдыд- та изæр кæнын. Шевальейы æхкæд рудзгуыты зыхъыртæй æиафоны иу ранæй рухсы цъыртт цыд. Æттейы, дуармæ, кæрæ- дзимæ хæстæг лæууыдысты къарет, дзоныгъ æмæ бæх- тæрджытæ. Посты уæрдон, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уым сæ хæд раз лæууыд. Дуаргæс кæрцы мидæг тых- 155
тæй, тымбылæй фæскъулмæ йæхи нылхъывта, цыма æмбæхсгæ кодта фисыны аууон, уый хуызæн. «Ныр цы дзæнгæда цæгъдынц æнæсæрфатæй? — хъуыды кодта хи нымæры лæккадгæнæг, хуыссæгхъуаг рыст цæсгомимæ тыргъы бадгæйæ. — Фыдбылызау ссæдз мæныл æрцæуы, мæ радмæ йæ æрхæссынц!» Сыхаг сонт рухс уатæй хъуыстис æхсæвæрхæрæг æртæ лæппу-лæджы ныхас. Уыдон бадтысты мидæггаг уаты фынджы алыварс, фынджы уæлæ уыд, æхсæвæрæй ма чи аззад, уыцы хæринæгтæ æмæ сæн. Иу чысыл сыгъ- дæг къæсхуыр, фыдцъылыс адæймаг бады æмæ кæсы бæлццонмæ зæрдæхæлар, фæлмаст цæстæнгасæй. Ин- нæ бæрзонд йæхи фæстæмæ ауагъта афтид æвгтæй дзаг стъолы цур æмæ хъазы йæ сахаты дæгъæлæй. Æртыккаг, ног цыбыр кæрцы мидæг, уаты рацу-бацу кæны, фæлæу-фæлæу кæнгæ, æмæ йе ставд тыхджын æнгуылдзтæй, сыгъдæг ныхбынтимæ, адджын æнгузтæ къæрццытæ кæны æмæ æдзух цæуьтлдæр хи ньшæр йæ мидбылты худы; йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, цæс- гом арт уадзы. Уый зæрдиагæй дзуаппæй дзуры йæ къухтæ тилгæйæ; фæлæ бæрæг у, йæ зæрдæ йæм цы дзырдта, уыдон зæгъын кæй нæ фæрæзта, дзырдтыл нæ хæст кодта; цы дзырдтæ ахста, уыдон та зæрдæйы хъуыдытæ радзурынæн фаг нæ уыдысты. Уый æппы- нæдзухæй йæ мидбылты худтис. — Ныр мын мæ зæрдæйы ныхæстæ ракæныны амал ис!—загъта бæлццон.—Æз мæхи раст, мийаг, нæ кæнып, фæлæ мæ фæндыдис, ды мæ уæддæр куы бамбæрстаис, мæхæдæг мæхи куыд æмбарын, афтæ. Уый йеттæмæ хъуыддагмæ цъаммартæ, æнахъинонтæ цы цæстæй кæсынц, уыцы цæстæй кæсын æм нæ хъæуы. Ды афтæ зæгъыс уыцы сылгоймаджы раз къæмдзæстыг, аххосджын æз дæн,—загъта уый, зæр- дæхæлар цæстæнгасæй йæм чи каст, уымæн. — О, бæгуыдæр, дæу аххос у, — радта йындзуашт гыццыл, фыдцъылыс æмæ цыма йæ цæстæнгас фыц- цагæй ноджы тынгдæр хæлардæр æмæ фæлмастдæр уыд, уый хуызæн зынд. — Æз зонын, цæй дымæгмæ афтæ зæгъыс, уый, — дарддæр ныхас кæнгæйæ загъта бæлццон. — Дæуыр- дыгонау, куы дæ уарзтæуа, уæд уый цыма дæхæдæг 156
уарзыс, уый хуызæн амондджын, зæрдæрухс хъуыддаг у, æмæ дын иу хатт куы бантыса, иу хатт æй куы бавзарай, уæд æгъгъæд у адæймагæн йæ амæлыны бонмæ дæр. — О, бæгуыдæр, æгæр дæр ма у, мæ зæрдæйы рухс! Уымæй фылдæр хъæугæ дæр нæ кæны, — загъ- та чысыл фыдцъылыс, йæ цæстытæ тъæбæрттытæ кæнгæйæ. — Фæлæ мæхæдæг дæр цæуылнæ хъуамæ бауар- зон! — загъта бæлццон сагъæс кæнгæйæ æмæ йе’мбал- мæ кæсгæйæ, цыма йын тæригъæд кодта, ахæм цæст- æнгасæй. — Цæй тыххæй хъуамæ ма уарзон? Зæрдæмæ нæ цæуы... Нæ, æнамонддзинад у, куы дæ уарзтæуа, уæд, уымæн æмæ дæхимæ аххос куът хæссай, æмæ дæм уый цы зæрдæ дары, ды йæм ахæм зæрдæ куы нæ дарай, уæд уый æз стыр æнамонддзинадыл нымайын. О, ме скæнæг хуыцау! — Æмæ йæ къух ауыгъта. — Хъуыд- дæгтæ иудадзыгдæр зонды фæдыл арæзт куы уаиккой, уæд хорз, кæннод куыддæр, дæзæрдæ-мæзæрдæ, дыз- гъуынмæ, æнæсæрфатæй, мæнырдыгонау нæ, фæлæ сæхи куыд фæнды, афтæ. Цыма æз уыцы зæрдæйы уаг, уыцы зæрдæйы фæндон давгæ ракодтон, уый хуызæн цæуы. Ды дæр афтæ æнхъæл дæ, афтæ æмба- рыс, нæ йыл сæттдзыиæ, дæ зæрдæ ме’вдисæн, æнæ афтæ хъуыды юæнæн дæр дын нæй, фæлæ дæ бауыр- нæд, сомы мæ нæ кæнын кæныс, мæ цæрынæй мæ хæ- рынмæ æнæсæрфат, æпаккаг хъуыддæгтæй цыдæрид- дæр бакодтон, кæнгæ та дзы чысыл нæ фæкодтон, сеп- пæтæй дæр æрмæст уыцы иу хъуыддагæй æвæсмон дæн, стæй дзы фæсмон кæнинагæй уæвгæ дæр ницы ис. Йæ райдиаиæй йæ байдианмæ кæддæриддæр æр- гом уыдтæн, уыцы сылгоймаджы раз дæр, мæхи раз дæр гæды ныхас мæ сæрмæ никуы бахастон. Мæнмæ афтæ «аст, кæд иокуы бауарзтон, уæд гъе ныр, стæй мæм æрæджиау æндæр зонд æрцыд, уый уарзондзи- над нæ, фæлæ æнæбары æвæндон гæдыдзинад уыд, афтæ уарзæн нæй æмæ уыцы æгъдауыл дарддæр нал ацыдтæн; уый уæддæр зæрдæйы фæдыл ацыд, — афтæ у йæ арæзт сылгоймагæн. Цы аххосджын дæн æз, мæ 157
бон кæм нæ цыд, уым? Уæдæ цы хъуамæ бакодтаин, дæ фыдыстæн? — Цæй, ныр цы фæци, уый фæци, хъуыддаг алыг! — загъта йæ хæлар лæг тамако судзгæйæ, йæ хуыссæг цæмæй алыгъдаид, уый тыххæй. Иу хъуыд- даг дзы ис æрмæст: ды нырма никуыма уарзтай æмæ не’мбарыс, уарзоидзинад цы у, уый. Цыбыр кæрцы мидæг чи уыд, уый та цыдæр зæ- гъынмæ хъавыд æмæ йæ сæрмæ февнæлдта, фæлæцы зæгъынмæ хъавыд, уый йæ къухы нæ бафтыд, зæгъын æй нæ бафæрæзта. — Нæ уарзтон! Уый æцæг у, раст зæгъын хъæуы, нæ уарзтон, фæлæ мæ зæрдæ зæгъы бауарзын. Афтæ тыхджын, афтæ тынг, æмæ йын зæгъæн дæр нæй! Иннæрдыгæй та мæ зæрдæ ’хсайы — уæвгæ ахæм уар- зондзинад ис цымæ? Алцы дæр цыдæр æрдæгдзæф- тæй, куыддæр æнæсæр, æнæкæронæй баззайы. Æниу цæй цы ныхасаг, цы дзырддаг у! Мæ цард схылы- мылы, сæмтъеры кодтон. Фæлæ ныр хъуыддаг ахи- цæн, уымæй дьт раст дæ, раст загътай. Ныр мæм мæ зæрдæ дзуры, æмбарын æй, ног царды къахыл кæй ныллæууыдтæн, уый. Бæлццон æрмæст йæхи кой кæнын байдыдта. He ’мбæрста, уыцы хи кой кæнын йæхимæ куыд дзæбæх каст, иннæты зæрдæмæ йын афтæ кæй нæ цыд, уый. Адæймаг йæ хъæлдзæг зæрдæйыл куыд хиуарзон вæййы, афтæ æнæуый никуы вæййы. Афтæ фенхъæлы, цыма уыцы сахат адæм иууылдæр уый цæрайæ цæ- рынц æмæ уымæй диссагдæр, уымæй рæсугъддæр æгас дунейыл никуы ницы ис, уыйау. — Дмитрий Андреевич, бæхтæрæг нал лæууы! — мидæмæ цæугæйæ загъта йæ кусджытæй иу, кæрцы мидæг æмæ хъуырбæттæнæй тыхт. — Бæхтæ дыууадæс сахатæй нырмæ ам лæууынц, ныр та цыппар у. Дмитрий Андреевич бакаст йæ Ванюшæмæ. Йæ хъуырыл тыхт хъуырбæттæн, йæ нымæт цырыхъытæ, йæ фыр хуыстæй нарст цæсгом ын дзырдтой, æндæр цардмæ йæм кæй сидынц, — куыстарæх, фыдæбон æмæ тухийæдзаг цардмæ. — Цæй уæдæ, хæрзбон у! — загъта бæлццон, йæ уæлæ йе’нæвæрд къæндзы агургæйæ. 158
Бæхтæрæгæп иу арахъы аргъ авæрын хъæуы, æмæ та уæд фæлæудзæн, зæгъгæ йын дзырдтой, фæлæ уый уæддæр ницы ком радта, йæ худ йæ уæлæ акодта æмæ уаты бæрæг астæу слæууыд. Кæрæдзийæн батæ кæнын систой, иу хатт, дыккаг хатт, стæй исдуг алæу- уыдысты æмæ та æртыккаг хатт аба кодтой. Цыбыр кæрцджын йæхи фынгмæ баласта, нуазæн систа, анызта йæ, стæй гыццыл фыдцъылысæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ фæсырх. — Нæй, — зæгъгæ загъта, — уæддæр мын æй æр- гом æнæ зæгъгæ нæй... Мæн æмæ дæу æхсæн хъуамæ сусæгдзинад ма уа, уымæн æмæ дæ уарзын, адджын адæймаг мын дæ. Куыд дæм кæсып, афтæмæй ды уыцы сылгоймаджы æнæ уарзгæ нæ дæ. Æз афтæ æнхъæл дæн. Куыд зæгъыс? Раст нæ дзурын? — Бæгуыдæр, — загъта йын йæ хæлар, йæ мид- былты ноджы фæлмæндæр худгæйæ. — Чи зоны мæ... — Курын уæ, æмæ агъуыст суæгъд кæнут, цы- рæгътæ ахуыссын кæныны дзырд рацыд, — загъта лæккадгæнæг, фыр хуыстæй нарст цæсгомимæ; сæ фæстаг ныхæстæм сын хъуыста æмæ йæхи нымæр хъуыдытæ кодта, ацы æлдæрттæ цымæ кæддæриддæр уыцы иу ныхас цæмæн кæныиц? — Хардз кæуыл ныф- фыссон? Дæуыл?—зæгъгæ фæкодта бæрзондмæ дзур- гæйæ; раздæр дæр ын хъуыды копд уыд, кæмæн цы зæгъын хъæуы, уый. — Мæныл, — загъта бæрзонд. — Цас сты? — Æхсæз æмæ ссæдз сомы. Бæрзонд исдуг асагъæс, аджискъус кодта, фæлæ дзургæ ницы скодта æмæ хардзы гæххæтт йæ дзыппы атъыста. Иннæ дыууæ сæ ныхас кодтой. — Фæндараст, алыпп адæймаг дæ, лæгæй лæг зæгъын хъæуы, — загъта чысыл фыдцъылыс, æфсарм- джын цæстытимæ. Дыууæйæн дæр сæ цæстытæ доны разылдыстьг æмæ æттæмæ рацыдысты. — Хæдæгай, куы мæ рох кодта! — загъта бæлццон æфсæрмыгæнгæйæ æмæ бæрзондмæ дзургæйæ: 159
— Шевальейæн цы ’мбæлы, уый куыд зонай, афтæ бакæн æмæ мæм-иу ныффысс. — Хорз, уымæ дæ зæрдæ ма’хсайæд, — загъта бæр- зонд йе’рмыкъухтæ кæнгæйæ. — Куыд дæм хæлæг кæ- пын, уый куы зоиис! — æнæнхъæлгæйæ æваст сдзырд- та бæрзонд, куыддæр дуарæй æттæмæ рахызтысты, афтæ. Бæлццон дзоныгъы сбадтис, кæрцы йæхи æрба- тыхта æмæ загъта: «Цæй ныр нæ фæндаг дарæм, араст уæм». Дзоныгъыл фалдæр бабадт æмæ йын афтæ чи загъта хæлæг дæм кæиын, зæгъгæ, уымæн бынат радта. Дзургæ-дзурын бæлццонæн йæ хъæлæс зырзыр кодта. Иæ фæдыл чи рацыди, уый загъта: «хæрзбон, Ми- тя, хуыцау дын раттæд...» йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ кодта, уымæн æмæ цæмæй тагъддæр араст уыдаид, æндæр хуыздæр ницæмæ бæллыд. Исдуг пыхъус сты. «Фæндараст!» — загъта дыккаг хатт чидæр. «Æгъи зæгъ, цæугæ!» — фехъуыстис кæйдæр хъæ- лæс æмæ бæхтæрæг йæ мидбынатæй фенкъуыст. — Елиазар, цы фæдæ, дæ уæрдон æрбатæр! — фæхъæр кодта, бæлццоны фæдыл чи рацыд, уыдо- пæп иу. Бæхтæрджытæ базмæлыдысты æмæ бæхтæм дзур- гæйæ бозитæй дыууæрдæм кодтой. Салд къаретты цæлхыты хъысхъыс митыл ссыд. — Æвæдза дзæбæх лæппу у ацы Оленин, — загъта, йæ фæдыл чи рацыд, уыдонæй иу. — Ныр æй цы фыдбылызы къах хæссы цымæ Кавказмæ? Исты ма куы уыдаид, фæлæ дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр юнкер! Мæнмæ гæсгæ уый æдылы хъуыддаг у. Райсом снхор клубы иæ кæндзынæ? — Кæндзынæн, ай-гъай. Æмæ фæйнæрдæм афардæг сты. Бæлццон кæрцы мидæг æнтæф кæнын байдыдта. Дзоныгъы хуылфы сбадт æмæ йæ кæрцы тæрттæ фæй- нæрдæм аппæрста. Æ’ртæ ифтыгъд бæхы, арц бадт, хъуынтъыз хъуынимæ бараст сты, зивæг кæнгæйæ та- лынг уынгæй æндæр уынгмæ, Оленин кæй никуы фед- та, ахæм æнахуыр хæдзæрттимæ. Оленинмæ афтæ 160
зынд, цыма уыцы уынджы æрмæст бæлццæттæ фæ- цæуынц, уыйау. Йæ алфæмблай уыд талынг, æдзæм, æнтъыснæг, йæ зæрдæ та дзаг уыд рагон хъуыдытæй, уарзондзинадæй, фæсмондзинадæй æмæ зæрдæуынгæг кæнæн цины цæсты сыгтæй... II «Уарзын! Уарзын мæ уды бæрц! Иттæг дзæбæх! Хорз!» дзырдта уый хи нымæры æмæ йæм кæуыи æр- цыд. Фæлæ йæм кæуып цæй тыххæй цыд? Чи уыдысты уыцы дзæбæхтæ? Кæй уарзта афтæ тынг? Уый бæрæ- гæн йæхæдæг дæр ницы уыйас æмбæрста. Хаттæй- хатт-иу æдзынæг ныккаст искæйы хæдзармæ æмæ-иу дисы бацыд, цымæ цæмæн афтæ æнахуыр конд у? Хаттæй-хатт-иу ахæм сагъæсы дæр бацыд: а-бæхтæрæг æмæ Ванюшæ йæм æцæгæлон уæвгæйæ афтæ æввахс цæмæн сты, цæмæн сæ цæгъды иумæ уæрдон æмæ цæ- мæн кæнынц æмызмæлд, кæройнаг бæхтæ æваст куы атъæпп ласынц æмæ салд гæрзытæ куы алвасынц, куы атынг вæййынц, уæд? Æмæ та ног дзурын байдыдта: «Иттæг дзæбæх, уарзын!» Иу хатт афтæ дæр ма сдзырдта: «Куыд фæлæбурдта! Тынг хорз!» Æмæ йæ- хæдæг дæр фæдис кодта, уый та цымæ йæ зæрдыл куыд æрæфтыд, цæй фæдыл афтæ загъта, æмæ йæхæ- дæг йæхи афарста: «Кæд расыг, мийаг, дæп?» Раст зæгъгæйæ нуазгæ дæр акодта; дыууæ сæны авджы акъахта, фæлæ йын айдагъ уыцы сæны аххос дæр нæ уыд. Йæ зæрдыл-иу æрбалæууыдысты уарзопдзинады æмæ хæлардзинады зæрдæбыны хицон ныхæстæ, æф- сæрмыгæнгæйæ йын аивæй, æнæбары хуызы, кæй дзырдтой, йæ рарасты агъоммæ. Йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты, кæрæдзи къухтыл фидар куыд ныххæцыды- сты, сæ цæсты æнгас, æнæдзургæ, æдзæм бадт æмæ давæрдæр хъæлæс, афтæ йæм чи сдзырдта, дзоныгъы куы сбадтис, уæд: «Хæрзбон у, Митя!» Æрæмысыд йæхи ныфсджын зæрдиагон ныхæстæ. Уыдæттæ иу- уылдæр йæ зæрдæмæ хæстæг хаста. Цы бон раст код- та, уый агъоммæ айдагъ йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ æмæ раст адæм нæ, фæлæ æнæуый æцæгæлон æнæ- 11 Л. Н. Толстой. 161
зæрдæмæдзæугæ адæм, йæ дзæбæхдзинад кæй пæ ба~ фæндыдаид, уыдон сеппæт дæр æвиппайды, цыма дзургæ бакодтой, тынгдæр æй бауарзæм, зæгъгæ, æмæ йын бахатыр кæнæм, адæймаг зароба исгæйæ, кæнæ йæ мæлæты сахат куыд фæкæны, афтæ. «Чи зоны, æмæ Кавказæй нал раздæхдзынæн æмæ кæрæдзийы цæсгом нал фендзыстæм», — хъуыды кодта йæхи ны- мæры. Æмæ йæм афтæ зынын байдыдта, цыма уарзы йæ хæлæртты, ноджыдæр ма уарзы кæйдæр æмæ йæ- хицæи тæригъæд кæнын байдыдта, фæлæ хæлæрттæм цы хъарм зæрдæ, цы уарзондзинад дардта, уый йын афтæ не сфæлмæп, не сбæрзонд кодта йæ зæрдæйы уаг, æмæ уырнын кæй нæ фæрæзта, уыцы зондхъуаг, æнæсæрфат ныхæстæ уый дымæгмæ, мийаг, нæ кодта; уæдæ сылгоймаджы уарзондзинад дæр нæ, уымæн æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонты никуы никæйы уарзта. Фæлæ йæм ахæм зæрдæ ’рцыд, хиуарзондзинады сæ- раппонд, стæй йæ зæрдæйы хорздзинадæй цыдæрид- дæр уыд (ныртæккæ та афтæ æнхъæл уыд æмæ йæм айдагъ хорздзинæдтæ йеттæмæ æндæр пицы уыдн), уыдон кæй уарзта, цардæнхъæл лæппуйы уарзтæй, уый тыкхæй: ахæм цæстæй каст йæхимæ, гъе уый йæ кæуын кодта, гъе уый йда дзурын кодта уыцы схъиуд æнæсæрфат ныхæстæ. Оленин уыд лæппу, каст никуы фæци, паддзахады куыст никуы кодта (æрмæст кæмдæр нымад уыд но- мы, разагъды тыххæй). Бынхор, йæ бынтæн се’рдæг смарзта; цыппар æмæ ссæдз азмæ бæрæг бæлвырд куыстыл иæ фæхæст, стæй куысты мыккагæй никуы ницы бакодта. Иудзырдæй Мæскуыйы уыцы дуджы стыр адæмы ’хсæн «лæппу-лæг» кæй хуыдтой, уыдо- нæй уыд. Стдæс аздзыдæй Оленинæн йæ бар йæхи уыд, цы йæ фæндыд, уый кодта, ма кæ зæгъæг ын нæ уыд. 1840 азты уырысы хъæздыг адæмæй чысылæй нырмæ сидзæрæй чи схъомыл æмæ уый куыд сæрибар уыд, афтæ сæрибар уыд Оленин дæр. Æгъдау, æфсарм кæй фæзагъдæуы, чи йæ урæдтаид, йæхиуыл æй чи хæцын кодтаид, ахæмæй йæм ницы уыд. Цынæ бакодтаид æмæ цынæ уыд æмæ йæ уæвгæ хъæугæ дæр ницы код- та, уромæг дæр æй нæ уыд, баст ницæмæй уыд. Нæ 162
йын уыд бинонтæ дæр, фыдыбæстæ дæр, баст ницæ- мæй уыд. Уыцы æгъдæутты мидæг уæвгæйæ, æнтъыс- пæг, æнкъард, хъыггæнаг, мийаг, нæ уыд, айдагъ ны- хæстæй дæр йæхи нæ хаста, фæлæ хъуыддæгтæм йæ зæрдæ æхсайдта — сырсыр кæнын уарзта. Уарзондзи- над нæй, зæгъгæ, ахæм зондыл лæуд уыд. Афтæмæй та-иу æвзонг рæсугъд сылгоймаджы цур тайын бай- дыдта æмæ-иу цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Рагæй нырмæ дзырдта: стыр ном, кад, цыт, уыдæттæ йæ цæсты пицы сты, хынджылæггаг митæ сты, зæгъ- гæ, фæлæ-иу æм исгуы хъазтизæры къниаз Сергей куы бацыд æмæ-иу æй рæвдауæн ныхæстæй куы бабуц кодта, уæд-иу ын æхсызгон уыд, йæ зæрдæ-иу æвæн- донæй бахъæлдзæг. Зæрдæвæндон хъæлдзæг хъуыд- дæгты бацæуын уарзта, бархийæ æрмæст уыцы æгъда- уæй, æмæ баст куыд иицæмæй уьтдаид, афтæ. Куысты мидæг уæвгæйæ-иу, куыддæр бамбæрста, ныр дзы иу- чысыл афыдæбон, атухи кæнып хъæудзæн, зæгъгæ, афтæ-иу уайтагъд йæхи сцух кодта æмæ та-иу фæстæ- мæ сæрибар царды бацыд. Ахæм æгъдау, зонд æмæ зæрдæимæ бацыд царды мидæг, кодта паддзахады æмæ хæдзарады куыст; уыцы æгъдауимæ байдыдта музыкæйы куыст, иу рæстæджы йæ зæрдæ тынг кæй райста, уыцы æгъдауимæ лымæн кодта æмæ уарзта сылгоймæгты дæр, кæд æй уарзондзинад нæ уырныд- та, уæддæр. Адæймагмæ уыцы иунæг хатт йæ цæргæ- цæрæнбон ахæм зæрдæ, ахæм ныфс æрцæуы æмæ йæ- хицæй дæр, стæй, куыд æнхъæл вæййы, ацы дунейыл дæр, цы йæ бафæнда æмæ цы нæ скæндзæн, йæ къу- хы цы нæ бафтдзæн. Æцæг, ахæм адæмтæ дæр вæййы, æмæ уыцы ныфс, уыцы зæрдæ кæмæ не’рцæуы, фæлæ æвиппайды царды тымыгъы чи смидæг вæййы, фыц- цаджыдæр цы хамутимæ фæдзыхæвæрд вæййы, уый йæ уæлæ чи ’ркæны æмæ зæрдиагæй, æнæ аиппæй чи кусы мæлæты бонмæ. Фæлæ Оленин уыцы адæмæй нæ уыд. Лæппуйы ныфс æмæ тых æм æнæхъуаджы бирæ уыд æмæ йæ зæрдæ агуырдта æнæ базыртæй тæхын, йæ риуы æмбæрц цæуын, фæстиат нæ фæцаид йæ сæр бынмæ, афтæмæй æнæбын хъоргъы йæхи баппарын, цæмæн æмæ цæй фæдыл, уымæй та йæ ды бафæрс, йæхæдæг дæр ын ницы зыдта. Ахæм æгъдау æм кæй 163
уыд, уый адыл йæ сины сæрыл хæцыд, йæхи сæры- стыр кодта æмæ йæ йæхæдæг дæр не’мбæрста, афтæ- мæй уый сæраппонд амондджын уыд. Абоны онг иунæг йæхи удæй фæстæмæ æндæр никуы нпкæй уарз- та, стæй йын йæхи æнæ уарзгæ дæр нæ уыд, уымæи æмæ хорздзинады йеттæмæ йæхимæ иицы æвзæрдзи- над, ницы аипп хаста æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл никуы ницæмæй фæхудт. Мæскуыйæ куы рараст, уæд йæ зæрдæйы дзæбæхыл æмæ хъæлдзæг уыд. Амондджын лæппу адæймаг йæ рагон рæдыдтæ куы бамбары æмæ йæхицæн афтæ зæрдæтæ куы февæры: ныронджы ми- тæ ницæййаг уыдысты, уыдæттæ иууылдæр æнæбары хъуыддæгтæ уыдысты, абоны онг æй дзæбæх, æгъда- уыл цæрыны фæнд дæр нæ кодта, фæлæ ныр, Мæ- скуыйæ куы рахицæн, уæдæй фæстæмæ ног цард ра- лæудзæи æмæ уыцы фыццаджы рæдыдтæ нал æрцæудзысты, нæ дзы уыдзæн фæсмондзинад дæр, фæлæ дзы æнæмæнгæй уыдзæн æрмæст амонд æмæ зæрдæрухсдзинад. Раст уыцы зонд, уыцы зæрдæйы уаг уыд уыцы сахат Оленинмæ. Кæддæриддæр дард балцы фæндагыл афтæ вæййы: дыууæ-æртæ станцæйы адæймагæн йæ зæрдæ, цы бы- натæй рараст кæны, уыимæ фæдзуры, стæй, иу-дыууæ боны фæстæ, зæрдæ æхсайын байдайы, кæдæм æмæ цæмæн цæуы, уымæ, æмæ, рагагъоммæ, фæндагыл ми- тæй мæсгуытæ амайы. Уыцы æгъдауы мидæг уыд Оленин дæр. Горæтæй куы рахицæн æмæ митджын быдыртыл йæ цæст куы ахаста, уæд бацин кодта, уыцы быдырты астæу æрмæст уый зыбыты иунæгæй кæй уыд, ууыл, кæрцы йæхи ныннорста, дзоныгъы гуыффæйы йæхн ауагъта, зæрдæ æрсабыр æмæ йæ хуыссæг æрцахста. Йæ хæлæрттимæ куыд хицæн кодта, уый йын йæ зæр- дæ бафæлмæн, бауынгæг кодта æмæ сæрысуанг зæр- дыл лæууын байдыдтой, фæстаг зымæг Мæскуыйыйæ бонтæ куыд æрвыста, уыдæттæ æмæ, чи аивгъуыдта, уыцы царды нывтæ, тар хъуыдытæ æмæ уайдзæфтæ, кæрæдзи сæрты хаугæйæ, кæрæдзийыл тыхсгæйæ, хæд- дзуйæ, йæ сæрмæ бырсын байдыдтой. Иæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ фæдыл чи рацыд, уы- цы хæлар æмæ, кæй кой кодтой, уыцы чызгимæ се- 164
’хсæн цы ’гъдау уыд, уыдæттæ. Чызг уыд хъæздыг адæймаг. «Куыд æгъдауæй йæ хъуамæ бауарзтаин æз, кæд мæ чызг йæхæдæг уарзта, уæддæр?» — хъуыды кодта уый æмæ æнаккаг гуырысходзинæдтæ йæ сæры абадтысты. «Ахъуыды гæнгæйæ, бирæ цъаммардзи- ыæдтæ ис адæмы хуылфы. Фæлæ уæддæр, раст зæгъ- гæйæ, цæй тыххæй цымæ нæ уарзтон æз?» — афарста нæхæдæг йæхи. «Иууылдæр мын афтæ куы дзурынц, æз нæ уарзтон, зæгъгæ. Ау, æмæ æцæг, афтæ хæлд, æнахъинон адæймаг дæн?» Æмæ йæ зæрдыл лæууын байдыдтой, йæ лæппуйæ цы æнæсæрфат рог митæ код- та, уыдон. Æрæмысыд, фыццаг хатт царды куы ба- цыд, уыцы рæстæг, æрæмысыд йæ хæлæрттæй иуы хойы, бирæ бонтæ кæимæ арвыста изæрæй, цырагъы рухсмæ, стъолы цур бадгæйæ. Исты ми гæнгæйæ, уы- цы чызгæн цырагъы рухсмæ, бæрæгдæр зындысты йæ нарæг æнгуылдзтæ æмæ йæ рæсугъд лыстæг цæсгом æрдæгæй дæлæмæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты сæ даргъ, æнæкæрон ныхæстæ, кæрæдзимæ куыд æфсæр- мы кодтой, куыд нæ уæндыдысты æргом уæндон ны- хæстæ кæнын, æмæ йын куыд зын, куыд хъыг уыд уыцы нæуæндондзинад, уыцы æмбæхст зæрдæ. Уый фæстæ æрæмысвд хъазтизæр æмæ рæсугъд Д. * * * -имæ мазуркæ куыд кафыд. «Цы уарзт ын бакодтон уыцы ’хсæв, цы амондджын уыдтæн! Цы хъыг, цы зæрдæниз мын уыд, дыккаг бон райсомæй куы райхъал дæн æмæ куы бамбæрстон, никуы ’мæ та ницы, сæрибар та дæн! Кæм ис уыцы уарзондзинад, цæуылнæ мæм æрцæуы? Цæуылнæ мын сбæтты мæ къухтæ ’мæ мæ къæхтæ? — хъуыды кодта уый. — «Цæй уарзондзинад æмæ^ цæй æндæр у; нæй уарзондзинад! Мæ сыхаг æх- син, æдзух уыцы-иу ныхас чи кæны мæнæн, Дуброви- нæн æмæ уæздæтты сæрдарæн, стъалытæуарзын, зæгъ- гæ, уый дæр уый нæу». Æмæ хъæутæм йæ зæрдæ ахсайдта йæ хæдзарады куыстытæ æмæ хъуыддæгтæм, фæлæ цæмæй бахъæлдзæг уыдаид, цæуыл бацин код- таид, ахæмæй дзы ницы ссардта уым дæр. «Мæ рацы- ды кой уыдон бирæ фæкæндзысты?» — абадти йæ сæ- ры ахæм хъуыды. Фæлæ уыцы «уыдон» чи уыдысты, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Уый хæд фæстæ, йæ зæрдæ иын чи бамæгуыр кодта æмæ йæ цæсгомыл чи 165
фæбæрæг, ахæм хъуыдытæ йæ сæры абадтысты æмæ æнæсæрфат ныхæстæ скодта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд мосье Капеле æмæ хуыйæгæй 678 сомы кæй фæхæс- джын, стæй йын куыд лæгъстæ кодта, иу афæдз ма йын куыд багæдзæ, куыд бахатыр кодтаид, уый тых- хæй, æмæ хуыйæджы цæсгом, джискъус гæнгæйæ, куы дзырдта: «барæй лæудзынæн æнæбары, æниу мæ бон циу, куы нæ лæууон, уæддæр». «Уæ, мæ рафæлдисæг, ме скæнæг хуыцау!»—дзырдта уый æмæ, цъынддза- стæй кæсгæйæ, уыцы зæрдæниз хъуыдытæ йæ сæрæй сырдта. «Фæлæ уæддæр, уымæ дæр не ’ркаст, афтæ- мæй мæ уарзта, — ахъуыды кодта, Мæскуыйæ куы раст кодта, уæд ныхас цы чызджы тыххæй æрцыд, уый тыххæй. — Куы йæ ракуырдтаин, уæд æнæ хæс уыдаин, хъæлæкк, ныр та хæсджынæй баззадтæн Ва- сильевæй». Йæ цæстытыл ахъазыд, фæстаг нзæр, уыцы чызгæй комкоммæ клубмæ куыд ацыд, уым Василье- вимæ къамæй куыд хъазыд, æгады лæгъстæтæ йын куыд кодта, ахъазæм-ма, зæгъгæ, фæлæ Васильев къæрттæй-цъула пæ фæци æмæ йын фæстæмæ æвæн- дон, уазал, дурзæрдæ адæймаджы дзуапп радта, нæй амал, зæгъгæ. «Иу афæдз мæхиуыл куы фæхæцон, уæд æнæ хæс суыдзынæн, бафиддзынæн сæ æмæ сæ хæйрæг бахæрæд»... фæлæ кæд йæ зæрдæ фидар уыд бафидыны æгъдауæй, уæддæр та-иу сæ дзыхъып ногæй нымайын байдыдта, цы хæстæ ма йыл баззад, уыдоп, сс’мгъуыдтæ, æмæ сæ кæд хъуамæ бафида, уый. «Хæ- дæгай, Шевальейæ йеттæмæ ма Морелæй дæр куы фæхæсджын дæн, Морелæй!» Æмæ йæ зæрдыл æрба- лæууыд, уый бæрц цы ’хсæв амбулын кодта, уый. Уы- цы æхсæв цигантæн хæрд æмæ позт сарæзтой æмæ семæ гуыпп кодтой Петербургæй æрцæуæг адæм: Саш- кæ Б ***, флигель-адютант, къниаз Д***, æмæуыцы цытджын гуыппырсар зæронд лæг... «Цымæ уыцы «господатæ» сæхи цæсты афтæ бæрзонд æмæ кадджын цæмæп сты? — ахъуыды кодта уый хи нымæры. — Стæй, адæмæй хъауджыдæр, хицæн къорд цæмæн сты, æмæ шшæтæй исгæмæй уыцы къордмæ бацæуæн но- мыл æнæ кадыл цæмæн нымайынц. Æрмæст уый тых- хæй æмæ флигель-адгатанттæ кæй сты? Мард æрцыды хъуыддаг та куыннæ у, æвæдза, цæуылнæ амæлы лæг, 166
куыд æдылы æмæ æнаккагыл нымайынц иннæты! Æз сын, гæды ныхас циу, уый бамбарын кодтон, уыдонимæ балымæн мæ хъуыдыйы дæр кæй нæй, хъæугæ дæр мæ кæй ницæмæн кæны, уый. Фæлæ уæддæр, раст зæгъ- га-йæ, мæ хæдзарады уынаффæгæнæг Апдрей, цæвит- тон, бамбæрста, Сашкæ Б **, булкъон, флигель-адю- тант, мемæ куыд хицон æмæ лымæн у, уый, уæд стыр дисы бацыдаид. Æниу дзы уыцы изæр мæнæй фылдæр чи банызта? Иу дæр пæ. Цигантæн дæр ног зарæг æз бацамыдтон æмæ йæм сеппæт дæр хъуыстой. Кæд би- рæ æнæ сæрфат æдылы митæ кодтон, уæддæр дзæбæх лæппу дæн, мæ фыдыстæн, дзæбæх», — дзырдта хи нымæры уый. Æртыккаг станцæйы райсомæй цай бацымдта, стæй Ванюшæимæ иу дзоиыгъæй иннæмæ дзауматæ, чемо- дантæ йеттæ бахаста, бафснайдта сæ æмæ се’хсæн æмбаргæ, раст æмæ рæвдз бадт скодта; зыдта, кæм цы æфснайд ис, уый: æхцатæ кæм сты, цас сты, йæ паспорт, йæ фæндаджы гæххæттытæ кæм сты. Уыдæт- тæ йæм зонДыл арæзт уынаффæджын митæ фæкасты- сты, йæхицæй ныббузныг, бахъæлдзæг æмæ йæм йæ дард балц æнцон, хи ирхæфсæгау, кæсын байдыдта. Æнæхъæн райсом æмæ бопæмбисы æрмæст ныма- йыны куыст кодта: цал версты рацыд, цал версты ма ис хæстæгдæр станцæмæ, цал — хæстæгдæр горæтмæ, •сихæрттæм, цай цымын афонмæ, Стъараполмæ, стæй, ныронг цас рацыд, уый йæ фæндагæн йæ кæцы хай у. Нымадта йе’хцатæ дæр: цас æм ис æхца, цас ма йæм баззайдзæн, цас æй бахъæудзæн йæ хæстæ бафиды- нæн, стæй цы ’фтиаг, цы пайда йæм хауы, уымæн йæ кæцы хай хардз кæндзæн иу мæй. Банымадта фæс цай изæрырдæм; Стъараполмæ йæ фæндагæн баззад йæ 7/п хайы, — йæ ис, йæ мулчы Vs хайы бæрц йыл хæс- тæ баззад. Афтæмæйты зæрдæ æрсабыр, йæхи æрба- тыхта, дзоныгъы хуылфы арфдæр абырыд æмæ та ног бафынæй. Зæрдæ æмæ зонд Кавказимæ дзурын бай- дыдтой. йæ цæстытыл хъазыдысты Амалат-бектæ, чер- кесаг рæсугъдтæ, хæхтæ, айнæг къæдзæхтæ, сахатæ, зæйтæ æмæ тасдзинæдтæ. Уыдæттæ-йеттæ дзæбæх нæ яртæста, не’взæрста, фæлæ уæддæр стыр тасы мидæг 167
дæр, кадмæ бæлгæйæ, кадмæ æнхъæлмæ кæспæйæ, зæрдæ рухс вæййы. Куы стыр æхсар, хъæбатырдзи* над æмæ адæмæн æмбисонд тыхы руаджы, ныццæгъ- ды æмæ басæтты æнæнымæц хæххон адæмы, куы та, куыд хохаг лæг} хæххон адæмимæ уырысы ныхмæ ныллæууы æмæ семæ сæ сæрибардзинады тыххæй тох кæны. Куыддæр сæ лыстæгæй æвзарып байдайы, афтæ хъуыддаджы йæ зæронд мæскуыйаг зонгæтæ дæр кæ- цæйдæр февзæрынц. Сашкæ Б*** ам кæнæ уырысимæ, кæнæ хæххон адæмимæ йæ ныхмæ хæцы. Кæй фескуыхт, кæй басаста, уый тыххæй йын цы кад, цы цыт сарæзтой, уыцы циндзинады, цы хур, цы къæвда йæ æрхаста, хуыцау дæсны, фæлæ дзы куыддæр мæрд- тагæй хуыйæг мосье Капель дæр хъуыддаджы фæци. Кæд ын уыцы æгъдауы мидæг йæ рагои æгаддзинæд- "лæ, лæмæгъдз’инæдтæ ’мæ рæдыдтæ æрæмысынц, уæд- дæр сæ кой æхсызгон йеттæмæ хъыг, мийаг, нæ вæй- йы. Цы зæгъын æй хъæуы, хохы бæстæйы сахаты, чер- кесаг рæсугъдты æмæ тасдзинæдты æхсæн уыцы рæ- дыдтæ дыккаг хатт нал æрцæудзысты. Иугæр сыл йæ- хæдæг кæм басаст, кæм æрфæсмон кодта,уым дзырд- даг нал ис, ахицæн сты. Иу зынаргъ бæллиццон фæн- дон ма ис, лæппу-адæймаджы зæрдæ кæимæ дзырдта æмæ йæ сæрæй чи нæ цух кодта. Уый уыд сылгоймаг. Æмæ уым, хæхты æхсæн, йæ цæстытыл хъазы цагъай- раг черкесаг чызджы хуыз, хæрзконд, гуырвидауц, даргъдзыкку æмæ æфсармджын сылгоймаг коммæгæ- саг къуырф цæстытимæ. йæ цæстытыл хъазы хæхбæ- сты хибарæй хæдзар. Хæдзары къæсæрыл лæууы уыцьс чызг, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, фæстæмæ йæм куы æрбацæйздæхт фæлладæй, рыгæйдзагæй, тугæй ахуыр- стæй, стыр кад, стыр цытимæ æмæ, æмбары æцæджы хуызæн, æнкъард чызгæн йæ батæ, йе уæхсчытæ, йæ адджын хъæлæс, йæ сабырдзинад. Чызг у нæртон рæ- сугъд, фæлæ æнахуыргонд, хъæддаг, æнæхсæст. Даргъ зымæгон æхсæвты йæ ахуыр кæныи байдайы. Зæрдæр- гъæвд, æмбаргæ тыхджын райгуыргæ зондæй, æмæ уайтагъддæр фæхæст вæййы, æхсызгондæр æй чи фæхъæуы, уыцы зонды хъуыддæгтыл. Æмæ цæй тых- хæй нæ? Тынг æнцон базонид æвзæгтæ, сахуыр уаид францусаг чингуыты кæсын, æмбарид сæ. Notre l)ame 168
de Paris1 дзырдæн зæгъын, йæ зæрдæмæ бацæуид. Францусагау дæр дзурид. Йæ мад, йæ фыды гуыбы- нæй цы хорздзипæдтæ рахаста, йæ туджы хъæды чи ис, уыдон руаджы, сæмбæлгæйæ, йæхи хуыздæрæй равдисид, стыр адæмы æхсæнæй чи рацыд, уыцы æх- синтæй. Заргæ дæр кæнид æнæ гæдымитæй, тыхджын æмæ зæрдæбынæй. «Уæу, мæнæ диссæгтæ, ацы æдылы хъуыдытæ та кæцæй абадтысты мæ сæры?»—дзырдта хи нымæры йæхицæн. Раст уыцы сахат æрхæццæ сты цавæрдæр станцæмæ; уым сæ хъуыд иу дзоныгъæй ин- нæмæ бахизын æмæ бæхтæрæгæн арахъы аргъ авæ- рын. Фæлæ та уыцы æдылы хъуыдытæм фæстæмæ йæ зæрдæ ахсайдта, дзыхъын ногæй сæ агурын байдыдта æмæ та йæ сæры абадтысты уыцы черкесаг чызг, цыт æмæ кад, уыцы номдзыд рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ус, стæй Уæрæсемæ куыд раздæхт æмæ флигель-адютант куыд сси. «Фæлæ уарзондзинад куы нæ ис, — дзырдта хи нымæры. Æниу кад æмæ цыт цы сты? Мур дæр ницы. Уæд 678 сомы та? Æ’мæ цы бæстæ байстам, ба- састам, уый мын мæ мæлæты бонмæ цы хъæуы, уымæй фылдæр куы радта мулк, хъæздыгдзинæдтæ. Æвæдза уыцы хъæздыгдзииæдтæ сæрмагонд дæхи ба- кæ, уый цас хорз уыдзæн, уымæн цæсгом дæр хъæуы. Байуарыы сæ хъæуы. Æрмæст кæмæн? 678 сомы Ка- пелæн, уый фæстæ фендзыстæм, бæрæг уыдзæн»... Æмæ бынтон тар, кæуыл нал хæст кодта, кæй нал иртæста, ахæм цыдæртæ ма æрдæгдзæфтæй уыдта, »æмæ Ванюшæйы хъæлæс æмæ дзоныгъы æрлæуд бахъыгдардтой лæппу-адæймаджы тар фынæй. Ног станцæйы иннæ дзоныгъмæ куыд бахызт, уымæн ницы базыдта, афтæмæй дарддæр араст. Дыккаг бон дæр та афтæ, — уыцы стандæтæ, уыцы лæвæрдтæ бæхтæрджытæн, уыцы бæхты синты змæлд, уыцы цыбыр ныхæстæ Ванюшæимæ, уыцы тар хъуыдытæ, уыцы рæдзæ-мæдзæ кæнын изæрæй, хуыо сæг ахсгæйæ, æмæ æнæниз, фæлмаст лæппу-лаущы- тар фынæй æхсæв бонмæ. 1 Парижы мадымайрæмы аргъуан. 169'
HI Цас дарддæр кодта Оленин Уæрæсейы центрæй, афтæ, кæй мысыд йæ зæронд цардæй, уыдон æм дар- дæй-дарддæр зындысты; цасхæстæгдæр кодта Кавказ- мæ, афтæ йæ зæрдæ дæр хъæлдзæгдæр æмæ рухсдæр кодта. «Бынтондæр афардæг у æмæ фæстæмæ макуы уал раздæх, адæммæ хæстæг мауал цу, — ахæм хъуы- дытæ дæр-иу абадтысты йæ сæры иуæй-иу хатт. — Ам цы адæм уынын, уыдон мæнæн адæм не сты; уыдонæй мæн ничи зоны, Мæскуымæ дæр сæ ничи бахаудзæн, æз цы адæмы æхсæн цардтæн, уыдонмæ, æмæ мын мæ ныронджы царды хъуыддæгтæ ничи бамбардзæн. Стæй уыцы адæмæй ничи базондзæн, ацы адæмимæ цæргæйæ, цы ми гæнæг дæн, уый. «Фæндагыл кæуыл æмбæлд æмæ, йæ зæронд мæскуыйаг зонгæты хуызæн, адæмыл кæй нæ нымадта, уыцы æнæконд адæмы æх- сæн æм бынтон ног зæрдæйы уаг æрцыд, цыма йæ зæ- ронд цардæй ахицæн æмæ æнæфсæрм, уæгъдибар сси, уыйау. Цас æнæконддæр уыдысты адæм, цас къаддæр сæм уыд ахуыргонддзинады бæрæггæнæнтæ, уыйас æнæфсæрмдæр æмæ йын æицондæр уыд. Стъарапол йæ фæндагыл уыд æмæ йын йæ зæрдæ чысыл бамæ- гуыр, бамæстджын кодта. «Вывескæтæ», ноджы фран- цуоагау фыст, æхсинхæ коляскæты, бæхтæрджыты лæуд сæ файтонимæ лæгъзы, бульвар, æмæ иу господин къабазджын цинел æмæ скæллад худы мидæг, буль- вары цæугæйæ, фæстæмæ куыд фæкаст цæуджытæм; уыдæттæ йын зæрдæнизы хос фесты. «Чи зоны мæ ацы адæм мæ зонгæтæй искæй зондзысты», æмæ та йæ зæрды æрæфтыдысты клубтæ, хуыйæг, къамтæ æмæ гуыппырсарты цард... Фæлæ Стъарапэлæй фæс тæмæ алцы дæр фæхуыздæр: æнахуыр бæстæ, ноджы райдзаст, рæсугъд æмæ хæстон арæзт. Æмæ Оленин куыдфæстæмæ хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр кодта. Хъа- захъ уæд, бæхтæрджытæ уæд, станцæты хицæуттæ уæд, сеппæт дæр æм хуымæтæджы, хуыцауы конд адæмы хуызæн зындысты. Чи сæ кæцы мыккагæй у, кæй туг сæ хуыздæр у, дæлдæр, уæлдæр сæ чи у, уы- дæттæ ма хъуыды кæн, афтæмæй æнæ сæрнизæй семæ, хъазгæ-худгæйæ, ныхасгæнæн уыд хицон, æгъдауæй. 170
Æниу сæ цы хъауджыдæр ис, сеппæт дæр адæмы мык- кагæй уыдысты æмæ Оленин сеппæтмæ дæр, æнæмбар- гæйæ, хъарм зæрдæ дардта; уыдон дæр æм, æнæ иу цухæй, хицон, уарзон цæстæй кастысты. Доиы Æфсады Зæххыл сæ дзоныгъ цыппæрдзæл- хыг уæрдонæй аивтой; Стъараполæй æгтæмæ афтæ фæхъарм, æмæ Оленин æнæ кæрцæй цæуын байдыд- та. Уалдзæг ралæууыд æнæнхъæлæджы, — хъæлдзæг уалдзæг Оленинæн. Æхсæвыгон хъазахъы хъæутæй адæмы цæуын нал уагътой æмæ рагагъоммæ изафæй дзырдтой, æдас нæу, зæгъгæ. Ванюшæ чысьтл тæрсын байдыдта æмæ йæ топп уæрдоны цæттæйæ ифтыгъ- дæй дардта. Оленин ноджыдæр фæхъæлдзæгдæр. Иу ран сын станцæйы хицау раныхас кодта, æрæджы фæндагыл цы æнæгъдау мард æрцыд, уый хабар. Гæрзтæджын адæм сыл æмбæлын байдыдтой. «Гъе, гъе, йæ цæвæнмæ æрхæццæ стæм!» — загъта хи нымæ- ры Оленин, æмæ йын арæх кæй кой кодтой, уыцы хæхты, чфендмæ бæллын байдыдта. Иу хатт бæхтæ- рæг — ногъиаг ехсы дыдагъæй мигъы аууон хæхтæ ацамыдта. Фæлæ асæст бон уыд, хæхтыл мигъ бадт æмæ æрдæгæй уæлæмæ ыæ зындыстьт. Оленин уыдта цыдæр цъæх, урс, къæбæлдзыг къуыбылæйттæ æмæ йæ удæй цыд, æпувыдæй каст, фæлæ хæхты бакасты хорздзинадæй ницы ссардта, афтæмæй сæ хорзы кой бирæтæй фехъуыста, бирæ бакаст чингуыты дæр. Йæхи нымæры ахъуыды кодта, хæхтæ æмæ мигъ ба- кастæй иу сты, хъауджыдæр сæ нæй, æмæ митджын хæхты стыр рæсугъддзинады кой Бахы музыкæ æмæ сылгоймаг уарзыны хуызæн, мысгæ ныхæстыл, хъæды хъуыддæгтыл банымадта æмæ хæхтæм йæ зæрдæ нал æхсайдта. Дыккаг бон, райсомæй раджы, сæууон уа- залмæ райхъал йæ уæрдоны мидæг æмæ æвæндонæй рахиз фарсырдæм иу каст фæкодта. Бон уыдсыгъдæг, мигъы цъупп иикæцæй зынд. Æвиппайды иу ссæдз санчъехмæ ’ввахс, афтæ йæм фæзынд фыццаг бака- стæн, ауыдта дынджыр хæхтæ сæ сонт урс-уроид, арв- мæ чи хæццæ кодта, ахæм цъуппытимæ æмæ сæ буц, зæрдæ хъæлдзæггæнæг диссаг рæсугъддзинæдтимæ. Куы бамбæрста хæхты стырдзинад, куы бамбæрста, хæхтæ æмæ арв кæрæдзимæ цас дард сты, стоей 171
хæхты æнæкæрон рæсугъддзинад куы банкъардта, уæд хæлиудзыхæй аззад, фæтарст, кæд фын кæнæ æндæр исты у, зæгъгæ. Фынæй æнхъæл, йæ мидбынаты йæхи бацагъта, базмæлынтæ кодта, цæмæй райхъал уыда- ид, уый тыххæй. Фæлæ хæхтæ цы уыдысты, уымæй баззадысты. — Уый циу? Цы сты уыдоп? — афарста уый бæх- тæрæджы. — Уыдон — хæхтæ, — дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ йын радта дзуапп ногъиаг. — Æз дæр сæм рагæй кæсын, — загъта Ваню- шæ. — Цы дзæбæк сты! Нæхимæ сæ нæ бауырнид. Тæргæ бæхæй зыввытт ластауæрдон лæгъз фæнда ■ гыл æмæ афтæ зынд, цыма хæхты сырх цъуппытæ райсомы хурмæ, æрттывтытæ гæнгæйæ, уæрдонимæ æмызгъорд кодтой арвы кæрæттыл. Райдианы хæхтæ Оленины æрмæст дисы бафтыдтой, стæй йæ бахъæл- дзæг кодтой. Уый фæстæ сæм лыстæгдæр куы ’ркаст уыцы лидзæг, кæрæдзийыл рæхысау баст хæхтæм, бы- дыры астæу зæххы бынæй куыд сфардæг сты, уæд сын куыдфæстæмæ чысылгай-чысылгай æмбарын бай- дыдта сæ рæсугъддзинад æмæ бандæвта, хæхтæ цы сты, уый. Уæдæй фæстæмæ цыдæриддæр уыдта, цы- дæриддæр хъуыды кодта, цыдæриддæр æндæвта, алцы дæр æм, хæхтæм гæсгæ, бæрæг стырдæр, беречетдæр хуызы зындысты, алцæмæ дæр ног, хуыздæр цæстæй акаст. Мæскуыйы цардæй йæ зæрдæмæ кæй хаста: фæсмон кæнын, æфсæрмы кæнын, Кавказы тыххæй цы æнæуаг хъуыдытæ кодта, уыдон сеппæт дæр цыдæр фесты, æрбасатар сты æмæ фæстæмæ зæрдæмæ хæс- гæг никуыуал æрцыдысты. «Гъе ныр райдыдта», цьгма йæм афтæ цавæрдæр цытджын хъæлæс сдзырдта. Фæндаг уæд, дардæй бæрæг чи дардта, уыцы Терчы дон уæд, хъазахы хъæутæ уæд, æрдумæ дæр кæй нæ дардта ныронг, уыцы ницæййаг адæм уæд, сеппæт дæр йæ цæсты фæкадджындæр, фæбæрзонддæр сты, хъазахъау æм нал кастысты. Арвмæ скæса — хæхтæ йæ зæрдыл æрбалæууынц. Йæхимæ кæнæ Ванюшæмæ бакæса — уæддæр та уыцы хæхтæ. Мæнæ дыууæ хъа- захъаджы æрбацæуынц бæхтыл, сæ топпытæ агъудты мидæг уыцы иу æгъдауыл æмхуызон змæлд кæнынц 172
се ’фцæджы, сæ бæхты урс æмæ цъæх къæхтæ æмхæц- цæ кæнынц æмæ сæ чи кæй у, уый цæст нæ иртасы, фæлæ хæхтæ та... Терчы фаллаг фарсæй зыны хъæу фæздæг, фæлæ хæхтæ та... Хур скæсы æмæ хъамылы фæсте tерчы доны хъазгæ æрттывд кæны, фæлæ хæх- тæ та... Хъæуæй иу уæрдонджын рараст, сылгоймæг- тæ цæуынц, рæсугъд æмæ æрыгон сылгоймæгтæ, фæлæ хæхтæ та... Абырджытæ хæтынц быдыры, æз дæр мæ цыды кой кæнын, уæдæ цы кæнон, нæ тæрсын, сæ лæджы хъæд æмæ сæхæдæг, мæнмæ дæр топп, тых, лæппуйы ныфс, фæлæ хæхтæ... IV Терчы бæсты дæргъæй-дæргъмæ иу 80 верстмæ æв- вахс адаргъ сты гребенской хъазахъы хъæутæ æмæ уыцы иу уагыл, уыцы иухуызон сты сæ бæсты хъæд дæр æмæ сæ адæмы хатт дæр. Терк цæуы хъазахъ æмæ хæххон адæмæн се’хсæнты æмæ сæ дыууæ дихы кæны; йæ дон у лакъон, цæуы тагъд, хæлиуæй æмæ æнæ хъуырхъуыр гæнгæйæ; æппынæдзухæй хæссы æмæ æвæры цъæхбын змис рахиз фарсы хъамылджып ныллæг былтыл æмæ хæры, гæрды галиу фарсы’ ныл- лæггомау кæрз къул былтæ, хæры фондзæссæдзаздзыд тулдз, бутъро тæрс бæлæсты æмæ тала бæлæсты бын- дзæфхæдтæ æд уидæгтæ. Рахиз фарсæрдыгæй цæрынц, чи æрсабыр, уырысы ныхмæ чи пæуал лæууы, фæлæ ма æдас кæмæй нæу, хæстæгхъом ма чи у, ахæм хъæутæ. Донæн йæ галиу фарсæрдыгæй, донмæ хæс- тæг, версты æрдæджы бæрц се’хсæн, афтæмæй адаргъ сты хъазахъы хъæутæ, кæрæдзийæ кæм авд, кæм аст верстмæ ’ввахс. Раджы заманы уыцы хъæутæи сæ фылдæр донæн йæ хæд былыл цардысты, фæ- лæ Терк азæй-аз тынгдæр хурныгуылæны ’рдæм ссæ- ста, сæ зæхх сыи хордта æмæсæлидзæг фæкодта. Ныр дæр ма дзы зынынц бæзджын хæмпæлæй дзаг хъæу- уæттæ, цæхæрадæттæ, дзедырæг æмæ хъæддаг сæнæф сир кæуыл стыхст, ахæм кæрдо, æхсынцъы æмæ хæ- рис бæлæстæ. Иу уд цæрæг дзы нал ис уым, æрмæст ма бæрæг дарынц змисы уæлæ сагты, бирæгъты, тæр- 173
хъусты æмæ хъæддаг кæрчыты фæдтæ, уыцы бæстæ кæмæн фæадджын, æмæ йыл стырзæрдæ чи нæ кодта. Хъæуæй-хъæумæ цæуы, хъæды мидæг кæй айгæрстой, ахæм фæндаг, йæ дæргъ сармадзаны æхст бæрц. Фæн- дагыл арæзт сты постытæ; уым фæбадынц хъазахъ. Посты æхсæн фæлгæсæнтыл лæууынц хъахъæнджытæ. Æрмæст иу æртæ фондзæссæдз сардзины йæ уæрх кæ- мæн у, ахæм нарæг, хъæдарæхджын, хъæздыг зæххы уаццаджы хицау сты хъазахъ. Уыдон æмхæст цæга- ты ’рдыгæй фарс адаргъ сты Ногъайы æмæ Мæздæджы быдыртæ се змисджын арыхъытимæ, æмæ дард, хуы- цау зоны, кæм баиу вæййынц Туркмены, Астраханы æмæ Киргиз-Кайсаччы змисджын быдыртимæ. Хус- сары ’рдыгæй, Теркæн йæ фаллаг фарс — цæцæпы бæ- стæ, Кочкалыковаг стыр хох рагъ, стæй мит-хæхтæ, æрмæст дардæй чи зыны, фæлæ адæймаджы къах кæм никуыма уыд. Гъе уыцы хъæздыг, хъæдарæх- джын зæххыл цæрынц незаманæй нырмæ зæронд дин- гæнæг хъазахъ, уырысы адæмы хаттæй гребенской хъазахъ кæй хонынц, уыдон. Раджы кæддæр, незаманы сæ зæронд дингæнæг фыдæлтæ Уæрæсейæ ралыгъдысты æмæ Терчы фаллаг фарс цæцæны æхсæн æрцардысты хæстæгдæр хъæда- рæхджын рагъыл, стыр Цæцæны. Цæцæны æхсæн цæргæйæ, хъазахъ семæ бахæстæджытæ сты æмæ хæх- хон адæмæн райстой се’гъдæуттæ, сæ царды уаг, сæ царды æвæрд æмæ се’фсæрмдзинад. Фæлæ се’взаг æмæ сæ зæронд дин нæ аивтой — фыццаджы хуызæн сыгъдæгæй баззадысты. Сæ фыдæлтæй баззайгæ ны- хæстæ, зноны хуызæн, хъуыды кодтой, æмæ уымæ гæс- гæ дзырдтой, паддзах Иван Грозный, дам, Терчы бæ- стæм æрцыд, зæронд лæгтæм æрсидын кодта, зæххытæ сын лæвæрдта Теркæн ацы фарсæрдыгæй, дзырдта сын, дзæбæх, хæларæй куыд цæрой, афтæ, æмæ сын зæрдæ бавæрдта, хъалондар сæ не скæндзæн, сæ дин дæр сын нæ аивын кæндзæн. Ныр дæр ма хъазахъы мыккæгтæй цæцæпимæ хæстæгдзинад, æрвадиуæг чи кæны, ахæмтæ ис, æмæ сын æндæр мацы ратт — сæ- рибардзинад, уыимæ магуса, стигъын æмæ хæстмои- дагдзинад. Уырысы къухы кæй уыдысты, уый сын хорздзинадæй ницы лæвæрдта: сæ бартæ сын истой, 174
æхсæны лæгтæ æвзаргæйæ; сæ хъæуты чи цард кæнæ сæ бæстыл чи цыди, уыцы æфсæдтæ сæ тыхсын кодтой æмæ сын сæ дзæнгæрджытæ истой. Хъазахъаг, йæ туджы æмæ йæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ, хоуаг car адæймагмæ, йе’фсымæры марæгмæ, йæ туджджынмæ афтæ хæрам нæу, уырыссаг салдатмæ куыд у, йæ хъæу ын чи хъахъæны, йæ хæдзары фатеры чи цæры æмæ йын æйафтæмæй тамакойы фæздæгæмæ смагæй чи фесафы. Хохаг знаг адæймаг йæ цæсты кадджыи- дæр у салдатæй. Салдатмæ уазалдæр зæрдæ дары æмæ йæ æлгъаг, æцæгæлоныл нымайы, хъыгда- рæг æмæ тыхгæнæг кæй у, уый тыххæй. Дардыл æй цы дзурæм, цыбыр ныхасæй уырыссаг музуккаг хъа- захъаджы цæсты уыд, æцæгæлон, æнахъинон, æнæ- конд, хъæддаг æмæ былысчъилтæ кæуыл кодтой, ахæм æлгъаг цыдæр. Музуккаджы хуызæн ма хуыдтой æмæ ахæм зæрдæ дардтой æрлидзæггаг хахолмæ, æмæ сæм- иу чи бафтыд, уыцы базаргæнджытæм. Уыдоимæ ша- повал, зæгъгæ, сæм æндæр номæй дзургæ дæр нæ кодтой. Уæлæдарæс дзаумайæ сæхи æвдисынц, сæхи хъал кæнынц, хæххон адæймаджы фæзмгæйæ. Гæрзты хуыздæр къухы æфты хæххон адæмæй, бæхты хуыз- дæр дæр æлхæнынц æмæ давынц уыдонæй. Лæджы- хъæдджын хъазахъаг, йæ сины сæрыл хæцы, йæхицæй æппæлы тæтæйраг æвзаг зонынæй æмæ, къуылых нозтджынæй, йе’фсымæримæ дæр тæтæйрагау фæдзу- ры. Уæддæр уыцы чырыстон адæм дард æцæгæлон бæсты, æрдæгхъæддаг адæмы æмæ салдæтты æхсæн цæргæйæ сæхи дæлæмæ нæ уагътой, сæхи хуызæн, се ’мсæр никæй хуыдтой зондæй, æгъдауæй, ахуыргонд- дзинадæй, æмæ æрмæст хъазахъаджы нымадтой адæ- мы мыккагыл. Иннæ адæммæ, чи фæыды фестæнт, æлгъаджы цæстæй кастысты. Хъазахъаг йæ царды бонтæ фылдæр æрвыста постыты, хæсты, цуаны æмæ кæсаг ахсыны куысты. Хæдзары куыст, афтæ искуы-иу хаттæн нæ зонын, уый йеттæмæ никуы кодта. Уазæг- уаты æгъдауыл-иу стæммæ хъæумæ æрæфтыд æмæ- иу нозтыл фæци. Æнæ сæн хæдзар не ссардзынæ хъа- захъмæ, сеппæтмæ дæр ис. Расыг кæнын сæ туджы, мийаг, нæй, сеппæты зæрдæ дæр æй кæм агурдзæл, фæлæ се’гъдаумæ гæсгæ æнæ нуазын хос нæй; чи нæ 175
нуаза, уый æгъдау халæг у, адæмимæ цæрæг нæу. Сылгоймагмæ хъазахъаг кæсы кусæджы цæстæй, йæхи дзæбæхдзинады тыххæй. Чызгæн ма бартæ дæтты, фæлæ усы, йе’рцыдæй йæ зæронды бонмæ, куысты баппары æмæ, хурæскæсæны’рдыгæй цæрæг адæммæ цы æгъдауы мидæг æвæрд у сылгоймаг, уыцы æгъдау дзы агуры, коммæ кæсып æмæ фыдæбон, æнæбанцай- гæ куыст. Ахæм цæстæй йæм кæй кæсы, уый сæрап- понды сылгоймаг сфæлтæры, сфидар, стыхджын вæй- йы буарæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, æмæ, кæд цæст- мæ коммæгæсæг йæхи скæны, уæддæр хæдзары, би- нонты царды мидæг, барджындæр æмæ дзырддзæугæ- дæр вæййы. Сылгоймаг æхсæны куыстæй цухгонд кæй у æмæ лæджы уæззау куыст кæй кæны, уый йын хæ- дзары мидæг фылдæр бартæ, фылдæр тых дæтты. Хъазахъ æцæгæлон адæймаджы цур йæ усæн зæрдæл- хæнæн митæ кæнæ хицæн ныхæстæ кæнын йæ сæрмæ нæ хæссы, худинагыл сæ нымайы, фæлæ йыл хибарæй, лæгæй-лæгмæ ус уæлахиздæр кæй кæны, уый тынг хорз æмбары. Хæдзар, мулк, хæдзарады арæзт иууыл- дæр усмæ кæсы, иууылдæр усы туджы фæллой сты. Хæдзар уый руаджы лæууы йæ къæхтыл, уый у йæ астæуккаг цæджындз. Хъазахъаджы тынг уырны, ку- сын нæлгоймагыл кæй нæ фидауы, худинаг кæй у, уый. Куыст уый ’рдыгонау фидауы æрмæст ногъайаг æх- .хуырстыл æмæ сылгоймагыл. Фæлæ мидæгæй йæ зæр- дæ æнæ ’мбаргæ нæу, йæхи кæй хоны æмæ цæмæй цæры, уыдон иууылдæр куысты æмæ фыдæбоны фæ- дыл кæй сты, уый. Йæхицæн кусæг, æлхæд кæй хоны, уыцы сылгоймаджы къухы ис йæ цард, уый у йæ да- рæг æмæ уыцы сылгоймаджы куы бафæнда, уæд æй фæцух кæндзæн ахæм æввонг, æнæмæт цардæй. Стæй, хъазахъаг сылгоймаг æппынæдзух нæлгоймаджы уæз- зау куыст кæй кæны, æмæ хæдзары мæт дæр иудадзыг уымæ кæй хауы, уымæ гæсгæ гребенаг сылгоймаг куыдфæстæмæ сси сæрæн, лæджыхъæдджын, йе уæнг- ты кондмæ гæсгæ фидар, йæ уды хъæдмæ гæсгæ ныфсджын, хæд-зонд, хъаруджын. Хъазахъæн сæ сыл- тæ сæхицæй тыхджындæр, æмбаргæдæр æмæ рæсугъд- дæр сты. Адæмæн æмбисонды рæсугъд цот цæуы сыгъдæг хохаг лæг æмæ тыхджын, стæвдтæ арæзт, 176
уырыссаг сылгоймагæй, уый сæраппонд сты ахæм ном- дзыд рæсугъд гребенаг хъазахъы сылтæ. Хъазахъы сылтæ æмæ хохаг сылтæ уыцы иу дарæс дарынц: хæ- дон, цыбыр куырæт æмæ дзабыртæ, фæлæ сæры кæл- мæрзæн уырыссаг конд кæнынц. Хъалдзинад, сыгъдæг- дзинад, аив æмæ рæсугъд дарæс, æфснайд хæдзар — се’гъдауы мидæг уыд æмæ æнæ афтæ цæрын дæр нæ зыдтой. Устытæ, уæлдайдæр чызджытæ, лæгтимæ цæ- рыпц бархийæ, кæй куыд фæнды, афтæ. Райдианы хъазахъ æрцардысты Новомлинскæйы; уый уыд хъа- захъы хъæутæн сæ бындур, сæ уидаг. Гребенаг хъа- захъы зæронд æгъдæуттæ уыцы хъæуы куыд тыхджы- нæй, куыд зæрдиагæй кодтой, афтæ сæ иннæ хъæуты нæ кодтой. Сæ сылтæ афт«æ номдзыд рæсугъд уыды- сты, æмæ сæ рæсугъды кой дардыл хъуыст рагæй ныр- мæ æгас Кавказыл. Сæ цæрæнхостæ сты: сæнæфсиры æмæ дыргъы цæхæрадæттæ, харбыз æмæ насы хуым- тæ, кæсаг ахсын, цуан, нартхор æмæ еууы куыст, стæ- ры цæуын, хæсты æгъдауæй æфтиаг. Новомлинсчы хъæуæй Терчы докы былмæ уыдзæи :ертæ версты. Сæ дыууæйы æхсæн пс æнæхæрд тар хъæд. Хъæуыл цы фæндаг цæуы, уымæн йæ иуæрды- гæй фарс ис цæугæдон, иннæ фарсы ’рдыгæй — нъæх дарынц сæнæфсиры цæхæрадæттæ æмæ зыпыпц Но- гъайы быдыры змисджын арыхъытæ, дымлæ кæй фæ- хоста æмæ æрывæрдта, ахæмтæ. Хъæуæн йæ алфæм- блай ис сыджытæй арæзт æмбонд; æмбонды уæлæ какоп сагъд кæрæй-кæронмæ. Хъæуæй æттæмæ æмæ хъяеумæ мидæмæ цæуынц, бæрзонд цæджындзтыл арæзт æмæ хъамылæй æмбæрзт кулдуарыл. Кулдуары фарсмæ бынхъæдтыл æвæрдæй лæууы фыдкæндтæ сармадзан, иу фондзыссæдз азы кæмæй нæ фехстæуыд æмæ кæддæр раджы заманы хъазахъ кæй байстой, ахæм. Хъахъæнæг хъазахъаг кард æмæ топпимæ, æгъ- даумæ гæсгæ дарæсы мидæг, дуары раз куы лæууы, куы нæ æмæ йæ рæзты цæуæг афицертæй кæмæн æгъ- дау ратты, кæмæн нæ. Кулдуары сæрмæ, æмбæрзты бын, урс ф-æйнæджы гæппæлыл сау ахорæнæй фысг у: хæдзæрттæ 266, нæлгоймæгтæ 897, сылгоймæгтæ 1012. Хъазахъы хæдзæрттæ сеппæт дæр цæджындзтыл арæзт сты, зæххæй иу адлийы бæрзæндæн, æмæ дзæ- 12 Л. Н. Толстой. 177
бæх æфснайд æмбæрзт сты хъамылæй бæрзонд цъупп- гонд рагъимæ уæлейы. Кæд сеппæт пог конд не стыг уæддæр раст æмæ сыгъдæг сты алыхуызон далбазыр- тимæ æттейы, йæ бацæуæнырдыгæй, стæй кæрæдзийыл ныхæст нæ, фæлæ дæрддзæф æмæ аив, рæсугъд æвæрд сты дæргъмæ æмæ цæхкæрмæ арæзт уæрæх уынгты. Бирæ хæдзæрттæн сæ дынджыр рухс рудзгуыты раз, кауы æтте хæрдмæ сфардæг сты æмæ хæдзæртты сæр- ты кæсынц тар-цъæхбын хæрис бæлæстæ æмæ буц, рухс сыфтæрджын акъацитæ, сæ урс æхсызгон тæф- гæнаг дидинджытимæ; сæ хæц раз къæйных, æдзæс- гом, æрттиваг æхсыпæнты чъиритæ, тыхсаг мæцкъор азмæ сæнæфсиры бæлæстæ. Уæрæх лæгъзы зынынц æртæ дуканийы сæ базайрæгтимæ—хъуымац, æхсы- нæнтæ, сæгъысыкъатæ, æмæ пряниччытимæ, æмæ бæр- зонд быруйы сæрты, рæнхъсагъд зæронд хъæды бæ- лæсты фæстæйæ, бæлвырд бæрæгдæр зыны полчъы хицауы даргъ æмæ бæрзонд хæдзар, йæ гомгæнгæ рудзгуытимæ. Кусгæ бон, уæлдайдæр сæрдыгон, адæ- мæй бирæйы нæ фендзынæ хъæуы уынгты. Хъазахъ паддзахады куысты вæййынц кæнæ пэстыты, кæнæ хæсты. Зæрæдтæ цуаны, кæсаг ахсынмæ, науинæй устытимæ кусынц цæхæрадæтты, æрмæст хæрз зæрæд- тæ, æнахъом сывæллæттæ æмæ рынчынтæ баззайынц сæ хæдзæртты. V Æрмæст Кавказы кæй фендæуыдзæн, ахæм диссаг дзæбæх изæр скодта. Хур хæхты аууон фæци, фæлæ ма уæддæр рухс уыд. Дыдзы хур арвæн йе’ртыццаг хай бацахста æмæ йæ рухсмæ хæрз бæрæг дардтой фæлурс æвзистхуыз хæхты бæрзæндтæ. Уæлдæф када- вар сабыр, æнæзмæлгæ уыд æмæ дзырд дзæбæх хъуыст. Дæргъæй-дæргъмæ иукъорд версты аивæзти быдырыл хæхты аууон. Быдыры, донæн йæ фаллаг фарс, иу цъпузмæлæг нал уыд. Искуы иу хатт-иу нс- чердыгæй барджытæ куы фæзындысты, уæд-иу посты- ты хъазахъ æмæ цæцæн сæ хъæуы сæ хъустæ схъил кодтой, дисгæыгæйæ-иу сæм ныккастысты, базонæм сæ, зæгъгæ, чи уаиккой цымæ ацы гуырысхойаг адæм? 178
Куыддæр изæрдалынгтæ æрвæййы, афтæ адæм, кæрæ- дзи тасæй, хæдзæрттæм сæхи хæстæгдæр ласын бай- дайыпц, Æрмæст ма сырд æмæ маргъ æдæрсгæйæ, зæрдæвæндонæй хæтынц уыцы æдзæрæг бæсты. Сæ- нæфсиры мæцкъортæ чи баста, уыцы хъазахъаг чыз- джытæ, кæд ма хурæй бахæццæ уаиккам, зæгъгæ, цæ- хæрадæттæй тагъд-тагъд кодтой, хъæлдзæг ныхæстæ гæнгæ. Цæхæрадæтты дæр æмæ сæ алфæмблай дæр иу уд-змæлæг нал ис. Фæлæ уыцы афон, дыууæ изæры æхсæн, хъæуы мидæг цард йæ тæккæ тынгыл вæййы. Ллырдыгæй адæм хъæумæ цæуынц, чи фистæгæй, чи та хъинцгæпаг уæрдоны. Чызджытæ, сæ хæдæттæ сæ сины сагъдæй, уистæ сæ къухы, афтæмæй згъордтой, цъыбар-цъыбур гæигæ хъæуы кулдуарырдæм хъомы размæ. Рыг æмæ къогъойæ азмæлæнтæ нæ уыд; рæ- гъауы сæрмæ мигъау сбадтысты æмтъерыйæ, æмæ хъом уыцы рыджы мидæг хъомпалæй цыдысты. Зам- манай нард хъуццытæ æмæ къамбецтæ уынгты алы- рдæм ныххæлиутæ сты, æмæ хъазахъаг чызджытæ хъулоп куырæтты мидæг, ратæх-батæх кæнынцсе’хсæн- ты. Хъуысы сæ хъæрæй ныхас, хъæлдзæг худт æмæ сæ цъæхахст, хъомы уасты æхсæнæй, Уым, постæй йæхи æмгъуыдмæ чи ракуырдта, ахæм хъазахъаг бæ- хыл йæ хæдзармæ æрбахæццæ æмæ, бæхыл бадгæйæ, рудзынг хойын байдыдта; уыцы бахостмæ хъазахъаг чызг-ус йе’взонг рæсугъд сæр рудзынгæй радардта æмæ мидбылтьг худты бынæй хъуысынц, адджын рæв- дауæн ныхæстæ. Уым фæтæн цæсгомджын ногъайаг æххуырст, бызгъуырты мидæг, быдырæй æрбахæццæ æмæ, хъамылæй дзаг хъинцгæнаг уæрдон баздæхта есаулы сыгъдæг уæрæх кæртмæ, æмæ, дардæй хæдза- ры хицаумæ тæтæйрагау иугай ныхæстæ гæнгæ, æф- сондзы бынæй знæт галтæ феуæгъд кодта. Æгас уынг чи бацахста æмæ уал æмæ уал азы адæм кæй алфæм- блай зилынц, уыцы цъыфдзасты цур, быруйы рæбынты, йæхи кауыл ныхасгæйæ, зынтæй, арæхстгай фæцæйцыд бæгъæввадæй хъазахъаг ус, йæ урс къæхты сæрмæ йæ хæдоныл бæрзонд уæлæмæ хæцгæйæ, æмæ суджы æр- гъом йе’ккой афтæмæй. Цуанæй чи æрбацæйздæхт, ахæм хъазахъаг-цуанон æм хъæр кæны хъазгæйæ: «Уæлдæр ыл схæц, худинаггæнæг», æмæ йæм топп фæ- 179
дардта. Хъазахъаг ус йæ хæдон дæлæмæ æруагъта æмæ йæ суджы æргъом зæхмæ æрхауд. Зæронд хъа- захъаг, уæлæмæ счъил хæлафы къæхтимæ, халас, хъуынджын, гом риуимæ, кæсаг ахсынæй æрбацæй- цыд; йе’ккойы хызыны мидæг удæгас æвзистхуыз кæ- сæгтæ цъыллинджытæ кодтой. Хæстæгдæрты рауайон, зæгъгæ, хизы йæ сыхаджы хæлд кауы сæрты, йæ куы- рæты фæччи кауы михæй уæгъдгæнгæйæ. Бæстæ сæ сæрыл систой хъазахъы сывæллæттæ сæ цъæхснаг хъæрæй, лæгъз рæтты сæрбихъуырæйттæ гæнгæйæ æмæ цъилæй хъазгæйæ. Кауы сæрты, дардыл азилын- мæ зивæг кæнгæйæ, хизыпц хъазахъы устытæ. Пецы ердойæ хæрдмæ згъоры æхсызгон тæфгæнаг сæнары фæздæг. Æнцад, æдзæм æхсæвы размæ, алы кæртæй хъуысы адæмы змæлд æмæ архайд. Ахуыргæнæг-хæрунжæйы зæронд ус Улиткæ, ии- нæтæ куыд фæкæнынц, афтæ уый дæр æттæмæ, кул- дуары размæ, рацыд. Йæ чызг Марьянкæ уынгты хъом æрбацæйтардта æмæ уый æрбацыдмæ æнхъæл- мæ кæсы. Зæронд ус кулдуар кæнын пæ бафæрæзта, афтæ дынджыр сыл къамбец, йæ хъузæттæ, къогъота^, йæ алфæмблай, афтæмæй, уасгæ-уасын дуар йемæ байста æмæ кæртмæ бараст; йæ фæдыл сабыргай цы- дысты нард, æфсæст хъуццытæ, хæдзары хицаумæ кæсгæйæ, æмæ сæ дымджытæй æмхуызон, уыцы иу æгъдауыл, сæ фæрстæ хойгæйæ. Гуырвидауц, рæсугъд Марьянкæ кулдуарыл бацыд, йæ уис аппæрста, кул- дуар ахкæдта æмæ, йæ рог цырд къæхтæй згъоргæйæ, хъомты алкæй йæ бынатмæ здæхта. «Дæ дзабыртæ ра- лас, уæртæ хæйрæджджын, — хъæр кæны мад, — т\ыу- уæ бон фаг ын не сысты». Мады цæф кæм риссы: хæйрæджы номæй йæм кæй сдзырдта, уый чызгмæ хъыг, мийаг, нæ фæкаст, фæлæ йæ буц рæвдауæн пы- хасмæ бамбæрста æмæ дарддæр хъæлдзæгæй йа? хъуыддаг кодта. Марьянæйы цæсгом нæ зынд тыхт кæлмæрзæны бынæй; йæ уæлæ уыд тарбын сырх хæ- дон æмæ цъæх цыбыр куырæт. Нард, ставд хъомы фæ- дыл хъазбахьг омидæг æм.æ уырдыгæй йæ дзурын хъуыст, къамбецæн буц æмæ цины ныхæстæ куыд кодта, уый. «Мæнæ ци, мæнæ! Иу ран нæ фæлæу- дзæп! Ма кæ, кæннод дæ ахæм фæуыдзæн æмæ... нæн- 180
пæ, пæ дарæг, хорз дæ, хорз. Уалынджы чызг зæронд усимæ хъазбахæй хæдзармæ æрбацыдысты. Сæ дыу- уæ дæр сæ къухты фæйнæ дынджыр дурыны æрбацæй- хастой — абоны æхсыр. Æлыгæй амад ердойæ уай- тагъд фæздæг скалд. Æхсырæй хъаймагъ кæнып байдыдтой. Чызг арт æндзары, мад кулдуарырдæм йæ- хи райста. Изæрдалынгтæ æрци.Уæлдæф халсары, фо- сы æмæ тæфгæнаг сæнары фæздæджы смалæй бай- дзаг. Кулдуæртты цур æмæ уынгты дыууæрдæм рауай- бауай кæнынц хъазахъы устытæ, сæ къухты судзгæ хæцъилы гæппæлтæ, афтæмæй. Кæрты хъуысы фосы нæтын æмæ сынæры цагъд; хъуысы устыты æмæ сы- вæллæтты хъæлæс, кæрæдзимæ хъæргæнгæйæ, кæрты- ты æмæ уынгты мидæг. Кусгæ бон, исгуы-иу боны йет- тæмæ, расыг лæджы хъæлæс нæ фехъуысдзæн. Хъазахъы устытæй иу зæронд, бæрзонд, къæсхуыр, ныфсджын сылгоймаг уынгæн йæ фаллаг фарсæй æр- бацыд зæронд Улиткæмæ зынггур, йæ къухы хæцъилы скъуыддзаг. — Гъы, нæ мад, æфснайд фестут? — загъта ус. — Чызг арт æндзары. Зынг дæ, мийаг, кæд хъæуы? — загъта зæронд Улиткæ; йæхицæй ньтббуз- иыг, исты раттыны фадат ыы кæй ис, уымæй. Дыууæ усы хæдзармæ бацыдысты. йæ куыстфæл- тæрд дæрзæг къухтæ лыстæг митыл ахуыр нæ уыды- сты æмæ, зынаргъ спичкæйы къоппы сæр гомгæнгæйæ, зырзыр кодтой. Уыцы заманы Кавказы спичкæтæ тынг стæм уыдысты. Чи ’рбацыд, уыцы ныфсджын усæп йæ зæрды аныхæстæ кæнын уыд æмæ къæсæрыл æрбадт. — Уæ адæм ма, нæ мад, скъолайы сты? — афарста пог æрбацæугæ ус. — О, мæ хур, о! Сывæллæтты ахуыр кæны. Фыста, бæрæгбонтæм нæхимæ уыдзынæн, — затъта хæрунжæ- йы ус. — Цы зæгъыи æй хъæуы, æмбаргæ адæймаг у. Æгас мыст ма’рбахæсс дæ хæдзармæ, уый йеттæмæ алцы дæр пайда у. — Пайда та куыннæ у. — Мæ Лукашкæ дæр посты бады; йæ хæдзармæ йæ нæ уадзынц, — загъта, чи æрбацыд, уыцы ус. Хæ- рунжæйы ус уыцы хъуыддаг æнæ зонгæ кæй нæу, 181
уый æмбæрста, фæлæ, цæмæй Лукашкæйы тыххæй ныхас æрцыдаид, уый тыххæй йын йæ кой исты æфсо- нæй ракæнын хъуыд. — Æрæджы йæ хъазахъаг сидт- мæ бацæттæ кодта æмæ йын ныр хæрунжæйы чызг Марьянæйы ракурын йæ зæрды уыд. — Æмæ ма посты вæййы? — Уæдæ цы вæййы, нæ мад. Бæрæгбонæй ардæм нырма нæ хæдзары нæма уыд. Айфыццаг ын Фомуш- кæимæ хæдæттæ арвыстон. Куыд дзурынц, афтæмæи дзы хицæуттæ разы сты. Æвæццæгæн та абырджыты агурынц. Лукашкæйы дзæбæх, хъæлдзæг хонынц. — Цы ма дæ фæнды’ уæдæ? æгайтма дзæбæх у! — загъта хæрунжæйы ус. — Раст зæгъын хъæуы, сахъ лæппу у — Урван, Урван. Лукашкæйы Урван хуыдтой йæ сахъдзинады æмæ хъазахъаг лæппуйы’донæй кæй раласта, кæй йæ фер- вæзын кодта, уый тыххæй. Хæрунжæйы ус, Лукашкæ- ны мады зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, уыцы хъуыддаджы кой барæй ракодта. — Хорз фырт мын у, мæ мад, хорз; хъаст ницæ- мæй кæнын. Мæхи у, уый тыххæй, мийаг, нæз зæгъын, уæд мын амæлæд. Фæлæ дзы æппæлынц иууылдæр, сæрæн у, зæгъгæ, —дзырдта Лукашкæйы мад. — Æр- мæст ма мыи’ус куы ракурид, уæд мæрдтæм æнæ мæ- тæй бацæуин. — Ууыл та мын цы тыхсыс, чызджытæй фылдæр цы ис нæ хъæуы! — загъта хинæйдзаг хæрунжæйы ус, йæ мызгъуыр къухтæй арæхстгай, æнувыдæй спичкæ- йы къоппы сæр æхкæнгæйæ. — Бирæ, бирæ, дæ фæхъау æрбауон, — загъта Лу- кашкæйы мад, йæ сæр тилгæйæ. — Чызг зæгъ æмæ Маринкæ! Гъе уый дып чызг! Чызг ахæм куы нæ уа, уæд уадз æмæ лæууа. Хæрунжæйы ус æмбæрста, Лукашкæйы мад цæ- мæ хъавы, уый, æмæ, кæд Лукашкæмæ æвзæр цæстæй нæ каст, хорз æй хуыдта, уæддæр, æвæццæгæн, йæхи- цæн лæгъстæ агуырдта, æмæ нæзонæг, æндæр ныхæстæ гæнæг йæхи скодта, уымæн æмæ иуæй, — афицеры ус æмæ хъæздыг уыд, Лукашкæ та хуымæтæджы хъаза- хъаджы фырт у, уыимæ ма сидзæр. Дыккагæй, уымæн æмæ йæ йæ чызгимæ ахицæн нæма фæндыд. Уæлдай 182
тынгдæр та уымæн, æмæ уæздан æгъдау афтæ кæныи ямыдта. — О, йæ афонмæ куы ахæццæ уа, уæд Марьянкæ дæр чындздзон чызг уыдзæн, уæдæ цы уыдзæн, — дзырдта хæрунжæйы ус, хиуыл хæцгæйæ, цыма йæ чызгæй раппæлын æфсæрмы кодта, уый хуызæн. — Курджытæ уæм æрбарвитдзыстæм, мæпæ ма нæ цæхæрадæттæ бафснайæм. Æрмæст нæ дæ хорзæк уæд, æндæр нæ ницы хъæуы, — дзырдта Лукашкæйы мад.—Илья Васильевичæн дæр балæгъстæ кæп- дзыстеем. — Илья, загътай? æмæ дзы уый та цы у? — зæгъ- гæ, фæкодта сæрыстырæй хæрунжæйы ус. — Дзурьы мемæ хъæуы. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис. Лукашкæйы мад, хæрунжæйы усы карз цæсгомы ахастмæ гæсгæ бамбæрста, дарддæр дзурын аив, пай- да кæй’ нæу, уый. Спичкæ асыгъта, хæцъилыл æй ба- дардта, сыстад æмæ загъта: — Дæ зæрдæйы хорзæх цард дын фестон, дæзæр- дæйы хорзæх. Мæ ныхæстæ мын ма ферох кæн. Цон, арт кæнын мæ хъæуы. Уынгæн йæ фаллаг фарсмæ куыд фæцæйцыд, йæ къухæй дардыл судзгæ хæцъил тилгæйæ, афтæ йыл Марьянæ фембæлд æмæ йын йæ сæрæй акуывта. «Уымæй дзæбæхдæр ма цæмæ бакастæуа! Куыст- уарзон чызг», — ахъуыды кодта йæхи нымæры, рæ- сугъд чызгмæ кæсгæйæ. — Кæдæм ма рæза! Мой кæ- нын афон ып у, æрмæст хорз хæдзармæ. Бæззы Лу- кашкæйæн». Зæронд ус Улиткæ дæр æнæ мæт, æнæ хъуыддаг нæ уыд. Къæсæрыл куыд бадт, афтæ бадгæйæ баззад «æмæ цæйдæр тыххæй стыр сагъæс кодта, цалынмæ йæм йæ чызг нæ бадзырдта, уалынмæ. VI Хъазахъæй лæджы ном кæуыл ис, уыдон сæ цард æрвитынц кæнæ хæсты, кæнæ постыты. Зæронд дыууæ усы кæй кой кодтой, уыцы Лукашкæ изæрырдæм лæу- уыд Дæллаг-Протоцкæйы фæлгæсæныл. Уыцы пост Терчы донæн раст йæ хæд былыл арæзтуыд. йæ цæнг- 183
тæй фæлгæсæны сæрхъæдыл æнцайгæйæ, цъынддзас- тæй дардмæ каст Терчы фаллаг фарсмæ, кæнæ дæлæ- мæ бынмæ йе ’мбæлттæм æмæ-иу семæ стæммæ иугай ныхæстæ кодта. Хур хæстæг кæнын байдьтдта митсæр хæхтæм. Уыцы хæхтæ къæбæлдзыгхуыз мигъы сæрмæ урс дардтой. Хæхты бын мигъ дыууæрдæм зилдух гæн- гæ куыд фæстæмæ тарæй-тардæр кодта. Уæлдæф изæ- рырдæм рæсуг æмæ сыгъдæгдæр кæнып байдыдта. Tap æнæхæрд хъæдæй ирдгæ кодта, фæлæ ма посты цур æнтæф уыд. Ныхас гæнгæйæ хъазахъы хъæлæс бæлвырд тыхджындæр æмæ дарддæр хъуыст уæлдæ- фы. Терчы бур тагъд дон йæ риуы æмбæрц размæ бырста æмæ йæ дыууæ æнæзмæлгæ фарсы æхсæнæй бæрæг дардта йæхи. Дон йæ ивылдæй æрбадт æмæ ранæй-рæтты, былгæрæтты æмæ змисдзæстыты, ног æвæрд змис бур кæиын байдыдта. Посты бакомком- мæ, фаллаг фарс, æдзæрæг уыд, æмæ æрмæст æнæкæ- рон ныллæггомау хъамыл суанг хохы рæбынтæм хæц- цæ кодта. Чысыл иуварсæрдыгæй, фæсфæд ран, донæн йæ ныллæг былыл цæцæйнаг хъæуы æлыгæй сæрст сахъари хæдзæрттæ, лæгъз тъæпæнсæр уæлхæдзæрттæ æмæ, куыд уæлæмæ, уæрæхдæр ердотимæ. Хъазахъ цæцæны ’рдыгæй æдас <нæ уыдысты, абьгр- джыты æрбабырстмæ алы сахат дæр æнхъæлмæ кас- тысты, уæлдайдæр майы мæйы, хъæд йæ тæккæ бæз- джыныл куы вæййы, Терк та йæ тæккæ тæнæгыл æмæ ранæй-рæтты æнцон ауайæн куы вæййы йæ тæнджы- ты, уæд. Уый дымæгмæ дыууæ боны раздæр полчъы хицауæй ахæм гæххæтт æрбахæццæ: — не скарджыты ныхæстæм гæсгæ, а-дыууæ боны Теркæп ацы фарсмæ æрбахизынвæнд кæнынц аст лæджы æмæ уый адыл хъазахъ цæттæ куыд уой, афтæ, фæлæ посты хъазахъ уæддæр стырзæрдæйæ сæ хъус уыйас нæ дардтон. Хъазахъ цыма сæ хæдзæртты уыдысты, уыйау, кæй цы фæндыд, уый кодта æмæ æнæ саргъ бæхтыл, æнæ гæрзтæй, чи кæсаг ахста, чи цуан кодта, чи та-иу ноз- тыл фæци æмæ расыг кодта. Æрмæст дежурпæйы бæх саргъæвæрдæй, æртыкъахыг сахсæн йæ уæлæ, афтæ- мæй хъæды дымæгмæ, какæтты æхсæнты, рацу-бацу кодта æмæ хъахъæнæг хъазахъаг, цæттæйæ, æд топп, æд кард йæ куысты уæлхъус лæууыд. Урядник бæр- 184
зонд, къæсхуыр хъазахъаг, æвидауц даргъ гуыримæ, чысыл къæхтæ æмæ къухтимæ, ронбæгъдæй, айдагъ куырæты мидæг бадти хæдзары къулы тæрхæгыл æмæ, хицауы хуызæы, зивæггæнæг æнкъард цæсгомы ахас- тимæ. цъынддзастæй, й>æ сæр куы йæ иу къухы, куы иннæ къухы æнцой радгай æвæрдта. Ацæргæ хъаза- хъаг ф|æтæн, урс-æмхæццæ саузачъетимæ, ронбастæй. айдагъ хæдоны мидæг, раст донæн йæ хæдбылыл хуыссыд æмæ, зивæггæнгæйæ каст, уыцы иухуызоп, хъуыр-хъуыргæнаг Терчы фæзилæны зилдухмæ. Ин- нæтæ дæр афтæ — æнтæфæй сфæлмæцыдысты æмæ æрдæгбæгънæгæй чи Терчы доны йæ дзауматæ æн- хъæвзта, чи идон æлхынцъытæ кодта, чи та доны был зæххы, тæвд змисы уæлæ хуысгæйæ, йæхи нымæры зарджытæ кодта. Хъазахъæй иу, фыдхуыз æмæ хурæй сыгъд сау цæсгомимæ, фыд расыгæй, йæ сæр, йæ фат иал æмбæрста, афтæмæй уæлгоммæ хуыссыд хæдзары къулы цур, чысыл раздæр аууон кæм уыд, ныр та фæрсæрдыгæй комкоммæ хурьг судзаг тынтæ кæдæм кастысты, уым. Фæлгæсæныл чи лæууыд, уый уыд Лукашкæ, бæр- зонд, рæсугъд ссæдзаздзыд, лæппу-лæг, раст йæ мады æнгæсæн, цæрмæстыгъд æй бакодта. Лæппу уæвгæйæ, кæд йæ асмæ, йæ кармæ нæма ахæццæ, уæддæр йæ цæсгом æмæ йе уæнгты æвæрд æвдыстой тых, ныфс, æмæ йæм æфсарм кæй уыд, уый. Кæд хъазахъаг æрæ- джы баци, уæддæр йæ цæсгомы ахаст, йæ цæстæнгас æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уыдонмæ гæсгæ бæрæг уыд, хъазахъагæй дæр, æнæуый дæр гæрзтимæ чи схъомыл, ахуыр сыл чи у, уыдон куыд æхсарджьш ныфсхаст, зæрдæджын æмæ хæстæргом вæййынц хи цæсты, уыдон куыд хъалбын, хъаларæзт вæййынц, хуымæтæджы исты, мийаг, кæй нæу, фæлæ хъазахъаг кæй у æмæ йæ сæрæн аргъ кæнын кæй базопдзæн, уый. йæ уæлæ уæрæх, ранæй-рæтты скъуыдтæ цухъа, йæ худ фæстæмæ счъил, цæцæн куыд дарынц, афтæ, зæнгæйттæ уæрджытæй дæлæмæ уагъд. Фæлыст, ми- йаг, нæ уыд дзаумайæ, фæлæ йыл дзаума бадгæдзæ- бæх кодта, кæй фæзмыдтой, уыцы цæцæныл куыд фи- дыдта, афтæ. Æцæг хъæбатыр адæймаг кæддæриддæр дардта уæрæх скъуыдтæ дзаума, фæлæ зынаргъ гæрз- 185
тæ. Фæлæ уыцы скъуыдтæ дзаума æмæ гæрзта^ æнгом, рæсугъд, аив дарын искуы-иу йеттæмæ ничи зыдта. Уыцы анвдзинад хохаг адæймаг кæнæ хъазахъаг уай- тагъд, уыцы иу бакастæй æмбæрста. Лукашкæ дæр уындæй уыцы хъæбатыр уыд. Иæ карды сæрыл хæц- гæйæ-иу, цъынддзастæй лыстæг ныккаст, — дарддæр цы хъæу ис, уымæ. Лыстæпæй æвзаргæйæ, йæ цæсго- мы æвæрд рæсугъд нæ уыд, фæлæ æнæуый уыцы-иу бакастæй, йæ хæрзконд хъуыр æмæ йæ сауæрфыг цæс- гомы хатмæ гæсгæ, чидæриддæр æнæ зæгъгæ нæ фæ- даид: «дау æм нæй, car лæппу у!» — Бæстæ усæй байдзаг, гуылфæнтæ кæпынц хъæ- уæй! — загъта Лукашкæ цъæхснаг хъæлæсæй, зивæг кæнгæйæ, йæ сæнт урс дæндæгтæ æвдисгæйæ, бæл- ьырд бæрæг никæмæ дзырдта, афтæмæй. Назаркæ бынæй хуыссыд, æваст йæ сæр фæхънл кодта æмæ загъта: — Дондзаутæ сты, æвæццæгæн. — Багæрах сæ кæнин, афтæ тæрсыны гæрах, — загъта Лукашкæ худгæйæ, — хæрзаг, кæрæдзи сæрты хауиккой! — Нæ дын бахаудзæн. — Цы! Уый та цы хоныс! Уый тыххæй йыл мæ зæрдæ дарын, сæ сæрты дæр ма афардæг уыдзæн. Гъæй, мæнæ сæ бæрæгбон æрхæццæ кæны, Гирей-хап- мæ мын æпæ цæугæ нæй арфæтæм æмæ махсымæ нуа- зынмæ, — загъта та Лукашкæ, мæстæй æдзæсгом къо- 1~ьотæ сургæйæ. Хъæдæй цавæрдæр сæрсæр фехъуыст æмæ хъазахъ уыцырдæм сæ хъус адардтой. Хъулои, æмхæццæ цуа- ион куыдз, фæд агургæйæ, æмæ йæ гæмæх дымæг тил- гæйæ, сыллынк-сыллынкгæнгæ, постмæ æрбацæйзгъорд- та. Лукашкæ базыдта йæ сыхаг цуанон Ерошкæйы куыдзы; уымæн йæ хæд уæлвæд ауыдта хъæдæи йæ тæккæ бæзджыны мидæг æрбацæйлæсгæ Ерошкæйы дæр. Ерошкæ уыд стæвдтæ арæзт, бæзæрхыг хъазахъаг, урс, миты хуызæн, фæтæн зачъетимæ, уæрæх уæхсчы- тæ æмæ уæрæх риуджын, фæлæ хъæды мидæг кæимæ йæ абарстæуыдаид, ахæмæй дзы ницы уыд æмæ, уымæ гæсгæ, цы уыд, уымæй цыбырдæр зынд. йæ уæлæ уыд 186
скъуыдтæ куырæт, йæ фæччитæ йæ сины сагъд, йæ къæхтыл сагдзармæй конд къогъодзитæ зæнджы хъул- ты онг рæхсæнтæй баст, йæ сæрыл — дæрдджыи гыц- цыл урс худ. йе ’ккой — иуæрдыгæй уыд хъуызæн дзаума (кобылкæ1) æмæ голладжы мидæг хъæддаг карк æмæ цъиусур, хъæрццыгъа сайæнтæ, иннæрды- гæй — гæрзы скъуыддзагыл баст хъæддаг гæднйы мард; фæсте йæ синыл хызын; хызыны мидæг пæм- гуытæ, топпыхос æмæ дзул, стæй бæхы дымæг, къо- гъотæ сурæн, æмæ дыууæ хъæддаг мард карчы; йæ фарсыл стыр хъама, хæлд кæрæттæ æмæ тугæйдзаг кæрддзæмнмæ. Ерошкæ постмæ бакаст æмæ фæ- лæууыд. — Гей, Лям! — зæгъгæ, фæхъæр кодта, куыдзмæ дзургæйæ, ахæм гуыргуыргæнаг хъæлæсæй, æмæ йæ х’ьæр дард хъæды мидæг ныййазæлыд. Дынджыр пи- стонджын топп йе ’фцæджы баппæрста æмæ йæ худ зына-нæзына сæрæй фæхицæн кодта. — Уæ бонтæ хорз, мæнæ дзæбæх адæм!—загъта хъазахъæн, фыццаджы хуызæн тыхджын, хъæлдзæг хъæлæсæй æмæ афтæ хъæрæй, цыма доны фаллаг фарсмæ искæмæ дзырдта, уый хуызæн, барæй, мийаг, нæ, фæлæ йæ дзырды æгъдау афтæ уыд. — Æгас нæм цу, Ерошкæ, æгас! — загътой йын хъæлдзæгæй лæппу-адæм хъазахъæгтæ. — Цы хабæрттæ уæм ис? Истытæ ма мын радзу- рут,—загъта Ерошкæ йæ цухъайы дысæй йæ фæтæн еырх цæсгомы хид сæрфгæйæ. — Хъусыс мæм, Ерошкæ? Мæнæ ам тæрс бæласыл замманай хъæрццыгъа цæры. Ахæм маринаг никуы ис. Куыддæр изæр ралæууы, афтæ ам зилдух кæнын бай- дайы,—загъта Назаркæ, йæ цæст ныкъулгæйæ, йе уæхск æмæ йæ къах змæлын гæнгæйæ. — Хынджылæг куы нæ скъæрис, — гуырысхогæн- гæйæ загъта зæронд лæг. — Æцæг зæгъын, æцæг, хъазын æнхъæл ма у. Ба- Пад-ма йæм, — загъта та Назаркæ, йæ мидбылты худгæйæ. Хъазахъ бахудтысты. 1 Цуанон æй разæй фæхæссы, истæмæ хъуызгæйæ. 187
Назаркæ хъæрццыгъа дæр нæ федта æмæ иу дæр, фæлæ лæппу-адæм фæцахуыр сты æмæ-иу сæм Ерош- кæ куы ’рбафтыд, уæд-иу æй сайдтой. — Гæды ныхæсты йеттæмæ йын мацы ратт, — æр- дзырдта Лукашкæ уæлейæ фæлгæсæнæй Назаркæмæ. Назаркæ уайтагъд ныхъус. — Бабадын дæр хорз у. Цы кæны, абаддзыстæм,— загъта зæронд лæг. Хъазахъ бахъæлдзæг сты; æхсызгон сын уыд йæ ныхас. — йæд та, хуытæ, мийаг, цы фед- таиккат? — Афтæ æнцон у хуытæ фенын! — ратул-батул гæнгæ æмæ йæ дыууæ къухæй йæ даргъ фæсоптæ ныхгæйæ загъта урядник хъæлдзæгæй, хи аирхæфсы- ны фадат ын кæй æрцыд, уый адыл. — Ам хуытæ нæ, фæлæ абырджытæ ахсын хъæуы.—Дæ хъусыл ницы æрцыд æппын? — загъта урядник цъынддзастæй кæс- гæйæ æнæ исты æфсонæй æмæ йæ урс, æнæхъуыд дæндæгтæ æвдисгæйæ. — Абырджытæ зæгъыс? — загъта зæронд лæг. — Нæ, ахæм хабарæй ницы фехъуыстон. Уыдæттæ-йет- тæ ма фæуадз, фæлæ уæм æппын ахуыпп кæнинагæй ницы ис, сæн, мийаг? Фæхъæстæ ма мæ кæн, ме ’фсы- мæры хай. Фæлмæст дæн, ды цæрай. Кæд мæ къухы исты бафта, уæд уый зон, æмæ æнæ хай нæ уыдзынæ. Мæхи бар мæ уадз, рохуаты нæ баззайдзынæ. Фæлæ кæд аиазинаг ис, уæд рахæсс, — ской та кодта зæронд. — Цы уынаффæ дæм ис, бабадынмæ хъавыс, мийаг? — афарста йæ урядник, цыма йын йæ ныхас пæ бамбæрста, уыйау. — Иу æхсæв бафыдæбон кæнынмæ хъавын. Кæд бæрæгбонмæ мæ къухы исты бафтид. Уæд, хъæлæкк, нсты уаид. Æнæ дæу кæй бахæрон, уый мын хæрам фестæд. — Ерошкæ! Ау, Ерошкæ! — цъæхснаг хъæлæсæй уæле æрхъæр кодта Лукашкæ. Хъазахъ æм сеппæт дæр фæстæмæ фæкастысты. — Уæллаг суадонмæ ма дæхи слас, уым стыр æрдонг1 хæты. Гæды ныхæстæ кæнын æнхъæл мын ма у. Me ’цæгæй зæгъын, бауыр- нæд дæ! Айфыццаг æрæджы мах хъазахъæй иу хуыйы 1 Хуыты рæгъау. 188
фехста. Æцæг, æцæг, нæ хъазын, — загъта та уый, йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ. Йæ хъæлæсы хаттæй бæрæг уыд, сайгæ йæ кæй нæ кодта, уый. — А-а, Лукашиæ-Урван дæр ам куы ис, сæрæй! — загъта зæронд лæг, уæлæмæ кæсгæйæ. — Кæцы pan æй фехста? — Цыма йæ нæ федтай, уый фарст кæныс! Раст /лонхæрдæн йæ тæккæ былыл, — загъта Лукашкæ æнæ- хъазгæйæ. — Донхæрды былтыл фæцæйцыдыстæм, аф- тæ æвиппайды къæркъæр ссыд. Мæ топп фыдбылызау агъуды мидæг уыд, фæлæ йыл æй Иляскæ ныххуырс- та. Æз дын æй фенын кæндзынæн уыцы бынат, — дард иæу, хæстæг у, бауадз мæ, мæнæ мæ равдæла. Æз ын, ме’фсымæры хай, йæ цæуæнтæ хорз зонын. Мосев! —бадзырдта Лукашкæ урядникмæ уæндонæп, ныфсхастæй, цыма йыл йæ бар цыд, уыйау, — афоп у аивынæн!—йæ топп райста æмæ, урядничы уынаф- фæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй фæлгæсæпæй дæлæ- мæ хизын байдыдта. — Рахиз! —загъта ма æрæджиау урядник æмæ йæ алфæмблай йæ цæст ахаста.—Дæ рад, мийаг у, Гур- кæ? Цæугæ! Дæ Лукашкæйæ лæг рацæудзæн, сагдзи- нæдтæ йæм ис, — загъта урядник, зæронд лæгмæ дзур- гæйæ. — Дæуæй уæлдай нæу, иу ран æрбадæн ын нæй, хæтын уарзы. Айфыццаг дзы иу афæлдæхта. VII Хур аныгуылди. Изæрдалынгтæ æрци. Хъазахъ по- сты цур сæ куыстытæ фесты æмæ хæдзармæ æхсæвæр хæрынмæ æмбырд кодтой. Æрмæст ма зæронд лæг, тæрс бæласы бын хъæрццыгъамæ æнхъæлмæ гæсгæйæ бадти, æмæ йæ къахæй баст цъиусуры змæлын кодта. Хъæрццыгъа бæласыл бадт, фæлæ дæлæмæ каркмæ йæхи нæ уагъта. Лукашкæ сабыргай, арæхстгай ка- кæтты æхсæн, кæрчыты цæуæнты синагæй цæгтæ арæз- та кæрчыты ахсыны тыххæй æмæ зарджытæ кодта иу иннæйы фæдыл. Кæд ставд къухджын æмæ бæрзонд уыд, уæддæр бæрæг уыд, кæй арæхсы æмæ йæ къухы алы куыст дæр кæй фидауы, уый. 189
— О, Лука! — хæстæг, къудзиты æхсæнæй фе- хъуыст Назаркæйы цъæхснаг хъæлæс. — Хъазахъ æх- сæвæр хæрынмæ фæцæуынц. Назаркæйæн удæгас хъæддаг уасæг йæ дæлармы, афтæмæй какæтты æхсæнты лæсгæйæ, къахвæндагмæ рацыд. — Гъæй! — загъта Лукашкæ, йæ дзырд уромгæ- йæ. — Кæм бафтыд дæ къухы уыцы уасæг? Æз афтæ зæгъын, æмæ йæ мæ къæппæг æрцахста. Назаркæ Лукашкæимæ æмгæрттæ уыдысты æмæ уый дæр а-уалдзæджы бацыд службæмæ. Уый уыд бакастæй фыдуындгомау, тæлуссонд, сæ- ры магъзджын, йæ цъæхахстгæнаг хъæлæс зæланг кодта хъусты. Лукашкæимæ сыхæгтæ æмæ лымæнтæ уыдысты. Лукашкæ нæууыл тæтæйраг бадт кодта æмæ синалæй цæгтæ арæзта. — Нæ зонын кæй, æвæццæгæн, дæууон уыдаид. — Къахæны фале, мийаг, тæрс бæласы бын? Уый уæдæ мæн у, знон æй сарæзтон. Лукашкæ сыстад æмæ хъæддаг уасæджы рауын- бауын байдыдта. Йæ къухмæ йæ райста æмæ йын йæ тарцъæхбын сæр æрсæрфтытæ кодта. Уасæг-иу тæс- сæй йæ бæрзæй раивæзта æмæ-иу йæ цæстытæ азылдта. — Абон плау хæрдзыстæм. Цу, аргæвд æй æмæ йæ асыгъдæг кæн. — Цы уынаффæ дæм ис, нæхæдæг æй хæрæм æвм йæ урядникæн раттæм? — Æмæ йæ гуыбын нæ фæрисдзæн? Æгъгъæд ын у. — Æргæвдын мæм зын кæсы, мæ зæрдæ нæ ко- мы,—загъта Назаркæ. — Ардæм æй рахæсс уæдæ. Лукашкæ йæ хъамайы кард йæ кæрддзæмæй сла- ста æмæ йын йæ къубал æрбадзæнгæл ласта. Уасæг йæхи сцагъта æмæ йæ базыртæ нæма ахæлиу кодта, афтæ йæ сæр æрдыдагъ æмæ йæ гæндзæхтæ цæгъдын байдыдта. — Гъе, афтæ-иу кæн, мæ лымæн, гъе! — загъта Лукашкæ æмæ уасæджы иу фарсырдæм аппæрста. Плау дзы ахæм рацæудзæн æмæ диссаг: дæ комы дæт- тæ йæм згъордзысты. 190
Назаркæ уасæгмæ кæсгæйæ фестъæлфыд, — Хъусыс мæм, Лука, нæ хæйрæг та нæ ахсэев ба- дынмæ æрвитдзæн, — загъта Назаркæ урядникæи, æмæ уасæг йæ къухмæ систа! Фомушкины сæнмæ ар- выста, уый рад уыд. Ныр цал æмæ цал æхоæвы цæ- >æм фæд-фæдыл. Æрмæст мах ссардта. Лукашкæ æхситтгæнгæйæ постырдæм араст. — Синаг демæ рахæсс! — фæхъæр кодта фæстæмæ. Назаркæ йын йæ фæндон сæххæст кодта. — Тæккæ абон мын æнæ зæгъгæ нæй; фæкæс-ма, кæддæра йын ыæ зæгъин! — сдзырдта Назаркæ. — Арæби, бафæлмæцыдыстæм æмæнал цæуæм, æндæр ма дзы исты ис. Ды ма йын зæгъ, дæумæ хуьтздæр бай- хъусдзæн. Ай цæй хæрæджы дымæг у! — Ныр цæуыл дзурыс, уый бæрæг нæй! — загъта Лукашкæ, йæхи нымæры æндæр цыдæртæ хъуыды гæнгæйæ. — Уый та цы дзырддаг у! Хъæуæй нæ куы ’рвитиккой, уæд ма цы зæгъыс, уый зæгъ, уым ма дæ бон хъæлдзæгæй арвитдзынæ, фæлæ ам та цы хъау- джыдæр у — посты æвп æпдæр ран искуы. Æ-уæу- уæй-йæ! ■— Хъæумæ, мийаг, æрбацæудзынæ? — Бæрæгбонты æнæ цæугæ нæй. — Гуркæ цы дзырдта, уый зоныс? Дæ Дунайкæ, дам, цыма Фомушкинимæ хæты, афтæ зæгъы, — сдзырдта Назаркæ æнæнхъæлгæйæ. — Хæйрæджы амæттаг фæуæд, мур дæр мæ ницæ- мæн хъæуы! — загъта Лукашкæ, æнæ худгæйæ æмæ йæ урс, æмхæст дæндæгтæ æвдисгæйæ. — Æндæр не ссардзынæн, æви цы зæгъыс? — Гуркæ куыд дзырдта, афтæмæй йæм бацыд; йæ мой сæхимæ иæ уыд. Фомушкин йæхицæн бады æмæ хæры. Иучысыл абадт æмæ рацыд. Рудзынджы бы- нæй сæм сусæгæй байхъуыста æмæ ус Фомушкинæн дзырдта: «Ацыд уыцы хæйрæг. Цæуылнæ ахæрыс, цæ, мæ уд? Хъусыс, хуыссынмæ уæхимæ ма ацу, ам баз- зай». — Уæд сæм Гуркæ рудзынджы бынæй бадзырд- та: «уый чи бæззы, уый у». — Гæдытæ дзурыс. — Æцæг зæгъын, мæ фыдыстæн. Лукашкæ ныхъус. — Гауарда, кæд æндæрыл фæ- 191
хæст уæд. Чысыл дзы ис? Уыйас дæр-ма дæ хъæуæд. Уæддæр æм мæ зæрдæ нал ради, схъыг дзы дæн. — Иблистæй дæ ды!—загъта Назаркæ.—Гъæй, хæрунжæйы чызг Марьянкæмæ ма дæхи балас. Цымæ никæимæ хæты? Лукашкæ йе’рфгуытæ фæтар кодта. — Æмæ иннæтæй уæлдай циу Марьянкæ дæр? Цы уæлдай ис, иу сты, — загъта Лукашкæ. — Куынæ, зæгъыны йеттæмæ дæ ницы хъъæуы; авзар-ма уæдæ... — Æмæ уæд цы’нхъæл дæ дæ зæрдæйæ? Хъæуы дзы чысыл ис? — Æмæ Лукашкæ æхситтгæнгæйæ посты цурты араст, бæлæсты къалиуты сыфтæртæ тонгæйæ. Къудзиты æхсæн цæугæйæ, æвиппайды иу рæхснæг лæгъз уисыл йæ цæст фæхæцыд, фæлæууыд, йæ хъа- майы кард сласта æмæ йæ æрбадзæнгæл ласта. — Топпы фатæн ахæм никуы ис,—загъта Лукаш- кæ, уисæй уæлдæфы хъазгæйæ; дзæбæхау æм каст уи- сы цъыччытæ æмæ æхситт уæлдæфы. Хъазахъ бадтысты зæхбын, æлыгæй сæрст посты тыргъы, хохаг фынджы алыварс. Æхсæвæр хæргæйæ ныхас æрцыд, кæй рад у ахсæвы ’хсæв сусæг ран ба- бадын, уый тыххæй.—Чи хъуамæ ацæуа ахсæв! — бадзырдта урядникмæ дуарæй мидæмæ иу хъазахъаг. — Чн хъуамæ ацæуа, зæгъыс? — радзырдта фæ- стæмæ урядник. — Бурлакйæ рад арвыста. Фомушкин дæр афтæ,—дзырдта гуызавæ гæнгæйæ урядник.— ■Сымах та, мийаг, ацæуиккат? Ды мæ Назаркæ, — загъта та Лукашкæмæ дзургæйæ. — Уæд та Ергушов дæр уемæ ацæуæд, хуыссæгæй бафсæстаид, æвæц- цæгæн. — Дæуæн дзы куы нæ ис бафсис, уæд уый цы кодта дæуæй хъауджыдæр!—загъта Назаркæ сусæг- гомау. Хъазахъ бахудтысты. Къулы рæбын фыдрасыгæй цы хъазахъаг хуыссыд, уый уыд Ергушов. Ныр ма ныртæккæ бацыд тыргъ- мæ, йæ цæстытæ æууæрдгæйæ. Лукашкæ уыцы сахат сыстад æмæ йæтоппмæ зылд. — Æрмæст афойнадыл ацæут, æхсæвæр бахæрут æмæ,—загъта урядник. Сæ фæндон сын нæма бам- 192
бæрста, ацæудзысты æви нæ, афтæмæй дуар йæ фæ- дыл ассыдта, æвæццæгæн сыл йæ зæрдæ нæ дардта коммæ бакæсыны тыххæй. — Хицæуттæй дзырд куы нæ уаид, уæд уæ нæ батыхсын кæнин, фæлæ нæй æн- дæр амал, æвиппайды сотник куы ’рбалæууа, уымæй тæрсын. Ноджы ма ахæм ныхæстæ дæр кæнынц, абыр- джытæ аст лæгæй ацы фарсмæ æрбахызтысты, зæгъгæ. — Цæуын хъæуы, — загъта Ергушов:—æгъдауы сæрты хизæн нæй! Рæстæг афтæ амоны. Æз зæгъын, æмæ цæуын хъæуы. Лукашкæ сæ цуры, йæ дыууæ къухæй уасæджы сгуы йæ дзыхмæ даргæйæ, ракæс-бакæс кодта, куы урядникмæ, куы Назаркæмæ, цыма сын сæ митæм йæ хъус нæ дардта æмæ сыл хн нымæры худти, уыйау. Хъазахъ æхсæв бадынмæ нæма араст сты, афтæ Ерошкæ дæр талынг тыргъы æрбалæууыд. Боп сау- изæрмæ тæрс бæласы бын дзæгъæлы фæбадти. — Цæй, лæппутæ! — ныггуыргуыр кодта ныллæг тыргъы мидæг йæ бæзджын хъæлæс, афтæ тынг, æмæ уый хъæлæсы йеттæмæ ницыуал хъуыст, — мæнæ æз дæр сымахимæ цæуын. Сымах цæцæнмæ бабаддзы- стут, æз та хуытæм. VIII Хæрз мæйдар æрци афтæ Ерошкæ æмæ æотæ хъа- захъаджы, топпытæ се’фцæджы, нымæттæ сæ уæлæ, афтæмæй аивгъуыдтой Терчы былтыл сæ сусæг бадæн бынатмæ. Назаркæмæ цæуыны уынаффæ нæ уыд, фæ- лæ йыл Лука фæхъæр кодта æмæ уайтагъд сæхи арæвдз кодтой. Хъазахъ иукъорд санчъехы æнæ дзур- гæйæ акодтаиккой, афтæ донхорыгæй иуварсырдæм цæхкæр фæзылдысты æмæ хъамылы æхсæн, чысыл бæ- рæг дардта, ахæм лыстæг къахвæндагыл Теркмæ ба- цыдысты. Донæн йæ тæккæ хæд былыл, дон кæй рап- лæрста, ахæм ставд сау хъæды къуылдых лæууыд, йæ алфæмблай ног ссæст хъамыл. — Ам бабадгæйæ куыд уаид, цымæ? — загъта На- заркæ. — Уæдæ ма уæ цы хъæуы? Æгæр хорз у, — загъ- 13 Л. Н. Толстой. 193
та Лукашкæ. — Ам уал сбад, æз ныртæккæ фездæх- дзынæн, мæнæ Ерошкæйы бахæццæ кæнон. — Хуыздæр бынат нал æмбæлы; ничи нæ уындзæн, нæхæдæг уындзыстæм, — загъта Ергушов.—Хуыздæр бадæнæн скæнæн дæр ма нæй, барæй конд цьтма у, уый хуызæн. Назаркæ Ергушовимæ нымæттæ байтыдтой æмæ хъæды аууон æрбынат кодтой. Лукашкæ дарддæр Ерошкæимæ ацыд. — Мæнæ ам хæстæг у, Ерошкæ, — загъта Лукаш- кæ, арæхстгай, фæлмæн къахдзæфтæ гæнгæйæ æмæ зæронд лæджы разæй цæугæйæ: — кæуылты ацыды- сты, уый дын фенын кæндзынæн. Мæхи уды йеттæмæ йæ ничи зоны. — Фенын мып æй кæн, фепын. Æвæдза, car лæпп) дæ, иудзырдæй — Урван, — сусæгæй дзургæйæ загъта зæронд лæг. Лукашкæ иукъорд къахдзæфы акодта, стæй фæ- лæууыд, доны кулмæ æргуыбыр кодта æмæ фехситт кодта. — Мæнæ уыныс, дон нуазынмæ кæуылты ацыды- сты, — загъта Лукашкæ, сусæгæй дзургæйæ æмæ йæ къухæй ног фæд амонгæйæ. — Уастырджи де ’мбал. Чырысти дын баххуыс кæ- нæд, — загъта зæронд лæг, уый — æвæццæгæн, дон- хæрыджы ф(але уыдзæн, уый мын цы зонын хъæуы. Ныр æй мæ бар уадз. Ды фæстæмæ аздæх, æз æм бабаддзьшæн. Лукашкæ йæ нымæтыл уæлдæр схæцыд, иунæгæн фæстæмæ доны былтыл араст, фæйнæрдæм ракæс-ба- кæс гæнгæ, куы галиу фарсырдæм амад къулы хуызæн хъамылмæ, куы та Теркмæ, йæ хæд цур къардпуы быь хъуырхъуыр гæнгæ зилдух чи кодта, уымæ. «Æвæц- цæгæн, уый, дæр хъахъæны, на уый нæй, искуы сусæ- гæй хъуызы», — ахъуыды кодта йæхи нымæры цæцæй- наджы тыххæй. Æвиппайды цæйдæр хыбархыбур æмæ допы цæллахъ фæцыд. Лукашкæ фестъæлфыд æмæ топпмæ фæлæбурдта. Къардиуы бынæй футтьттæ гæн- гæ хъæддаг нæл хуы расæррæтт ласта, йæ сау æндæрг доны сæры æрттиваг хуызæй фæиппæрд æмæ цæсты фæныкъуылдмæ хъамылы смидæг. Лукашкæ ма æвип- 194
пайды топп хъæл-æкк, фелвæста, хуымæ йæ фæцарæз- та, фæлæ йæ æхст нал бафæрæзта. Нæл хуы хъамылы мидæг фæцыдæр. Лукашкæ фырмæстæй ату кодта æмæ дарддæр араст. Бынатмæ куы баввахс, уæд фæ- лæууыд æмæ чысыл фехситт кодта. Йæ ’хситтмæ фæ- стæмæ æхситт фехъуыст æмæ йе’мбæлттæм бацыд. Назаркæ йæхи батыхта æмæ тымбылæй хуыссыд. Ергушов бадти, йæ къæхтæ йæ быны дзуарæвæрд скодта, афтæмæй; йæхи чысыл иуварс айста æмæ Лу- кашкæйæн бынат радта. — Амæй хуыздæр бынат м.а уыдзæн, — хъæлдзæг, æдас! — загъта Иазаркæ. — Бахæццæ йæ кодтай? — Бацамыдтон ын æй, — дзуапп ын радта Лукаш- кæ нымæт таугæйæ. — Ныртæккæ иу дынджыр хъæ- бæр нæл хуыимæ дзыхæвæрд фæдæн; раст мæ тæккæ хæд разæй доны былæй рагæпп ласта. Кæй кой код- там, уый уыдаид, æвæццæгæн. йæ къæрццытæ йьш фехъуыстаис? — Фехъуыстон бæгуыдæр æмæ йæ уайтагъд ба- зыдтон, сырд кæй уыд, уый: мæхи нымæры загътон, Лукашкæ сырд фæтæрсын кодта, зæгъгæ, — загъта Ергушов, йæхи нымæты тухгæйæ. — Æз ныр афынæй уыдзынæн. Куыддæр кæрчытæ ныууасой, афтæ-иу мæ сыхъал кæн, уымæн æмæ æгъдау афтæ амоны. Æз уал иучысыл æркъул кæндзынæн, уый фæстæ та ды ахуысдзынæ, æз абаддзынæн... Афтæ, афтæ. — Бузныг, æз не схуысдзынæн, нæ мæ ахсы хуыс- сæг, — загъта Лукашкæ. Æхсæв уыд мæйдар, хъарм æмæ æнæ дымгæ. Æр- мæст иуæрдыгæй фарс арвыл æрттывтой стъалытæ, иннæрдыгæй, — арвæн йæ фылдæр хай, æмхæст ми- гъæй нæ зынд. Tap мигъ хæхтыл фæзыпд, æмæ æнæ дымгæ бон, уæзбьтн цыд гæнгæ, дардæй-дарддæр йæхи систа, æмæ йæ хæрдмæ зылд къабæзтæй хæрз бæрæг уыд, арф стъалыджын арвæй хицæнгонд кæй у, уый. Хъазахъагмæ разæй зындысты æрмæст Терк æмæ дард быгъдæг бæстæ; фæстейы æмæ йæ дыууæ фарсырды- гæй та лæууыд, къулы хуызæн, бæзджын хъамыл. Цыма æнæ исты æфсонæй, афтæ йæхи æгъдауæй, уый- ау-иу искуы иу хатт хъамыл базмæлыд æмæ сырсыр кодта, кæрæдзийыл ныдзæвгæйæ. Дæле хъамылы зыр- 195
зыр гæпгæ сокоратæ арвы рухсмæ бæласы бæзджып цæнгты хуызæп зындысты. Разæй йæ тæккæ къæхты бын, къардиуы аууон, цæллахъытæ æмæ зилдух кодта хъуырхъуыр гæнгæ цæугæдон. Дарддæр æрттиваг цæу- гæдоны бурбын фæйлауæнтæ уыцы иу æгъдауыл, æм- хуызои зырзыр гæнæгау, змæлыдысты кæрæтты æмæ тæнджыты. Ноджы дарддæр дон уæд, доны былтæ уæд, мигъ уæд—иууылдæр мæйдаримæ баиу сты æмæ цæст ницыуал ахста. Доны сæрты лæсыдысты бын- дзæфхæдты æмæ къала бæлæсты сау æндæргтæ, æр- мæст хъазахъаджы ахуыр цæст кæй иртæста, кæй æвзæрста, ахæмтæ. Искуы иу хатт-иу арвы ферттывды схъиуæггаг рухсмæ донæн йæ фаллаг фарсы ныллæг былтæ фæзындысты. Æхсæвыгон æмхуызон уынæр æмæ хъæртæ, хъамылы сыфсыф, хъазахъы хуырхуыр, къогъоты гуывгуыв æмæ цæугæдоны хъæр нсдуг ф-æхъус, федзæм вæййынц, дардæй æхст топпы гæрахы хъæрæй, кæнæ къардиуы былы ныххауды тъыллуп- пæй, кæнæ стыр кæфы цъыллинджы уынæрæй, кæнæ ногдзыд тала æмæ къудзиджып тар хъæды мидæг стыр сырдты къæрццытæй. Иу хатт сидахъ Терчы сæр- ты дон-дон атахт æмæ тæхгæ-тæхын. йæ базыртæ раст æртыккаг фæхъилæн кæрæдзийыл цавта. Хъа- захъæн сæ тæккæ хæд сæрмæ хъæдырдæм фæзылд æмæ бæласмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ ба- зыртæ алы фæхъилæн кæрæдзийыл къуырдта, стæй, зæронд тæрс бæласыл бадгæйæ, бирæ ракæ-бакæ фæ- кодта. Ахæм уынæр, къæрцц кæнæ хъæр-иу иокæцæй æнæнхъæлгæйæ куы фæцыд, уæд, хъазахъæй фынæй чи нæ уыд, уый-иу йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ-иу а;нувыдæй, цъынддзастæй хъусын байдыдта, сабыр, арæхстгай йæ топп скаргæйæ. Æхсæв бирæ нал уыд. Tap мигъ аивæзт хурныгуы- лæнæрдæм, фæдихтæ ис æмæ се ’хсæнтæй фæзынд прд стъалыджып арв, æмæ фæстæмæ фæлдæхт сыгъзæрин, æрдынхуыз мæй сырх рухс суагъта хæхты сæрмæ. Сæууон ирдгæ уазал хаста. Назаркæ фехъал, аныхæс- тæ кодта æмæ та фæстæмæ бафынæй. Лукашкæ ба- дынæй схъыг, сыстад, йæ хъамайы кард сласта æмæ рæхснæг уисæй топпы фат амайын байдыдта. Йæ сæр- мæ алы хъуыдытæ бырстой: уым, хохы цъассы куыд 196
цæрынц цæцæн, сæ саг-фæспвæд ацы фарсмæ давын- мæ куыд цæуынц, хъазахъæй куыд нæ тæрсынц æмæ æндæр pan доны куыд æрбахиздзысты. Æмæ-иу йæ сæр радардта, доп-дон-иу акаст; фæлæ йæ цæст ни- цæуыл хæст кодта. Стæммæ дардмæ доны былтæм æмæ донмæ каст æмæ мæйы мæгуырау дыдзы рухсмæ донæн йæ фаллаг был бæрæг дардта — цæст иртæста, донæй куыд хицæн кодта, уый. Цæцæнимæ йæ зæрдæ нал дзырдта æмæ æрмæст сбонмæ, æмбæлтты сыхъал- мæ æмæ хъæумæ цæуынмæ æнхъæлмæ каст. Хъæуы мидæг йæ цæстытыл ахъазыд Дунькæ, йæ зæрдæйы рухс, йæ хуры хай, — æндæр номæй нæ дзырдтой хъазахъ сæ хæзгултæм, æмæ зæрдæнизимæ уый тых- хæй хъуыдытæ кодта. Бонвианы нысæнттæ: æвзист- хуыз мигъ доны сæрмæ урс адардта, лæппын цæргæстæ хæстæгæй цъæхахст æхситт скодтой æмæ сæ базыртæ сцагътой. Фыццаг уасæджы зарын дардмæ хъæуæй фехъуыст, йæ фæстæ дыккаг уасæджы дæргъвæтнн хъæлæс, уалынджы иннæтæ дæр кæрæдзимæ уасын бачдыдтой. «Стын афон»,— ахъуыды кодта Лукашкæ, йæ топ- пы фат сцæттæ æмæ йын хуыссæг тых кæнын байдыд- та. Йе’мбæлтты ’рдæм куы фæзылд, уæд сын сæ къæх- тæ раиртæста, чи сæ кæй у, уый. Æвиппайды йæм аф- тæ фæзынд, цыма Теркæн йæ фаллаг фарс цыдæр фæпæллахъ кодта, уыйау, æмæ ма иу каст фæкодта, æрдынхуыз фæстæмæ зылд мæйы бын, сæууон рухс- мæ хæхты цъуппытæм арвгæрон, стæй донæн йæ фал- лаг былы арæнтæм, Теркæн йæхимæ æмæ, ныр цæст дзæбæх ахсыи кæй байдыдта, уыцы донласт къуын- дзихтæ æмæ бындзæвхæдтæм. Афтæ йæм фæзынд, цы- ма йæхæдæг змæлгæ, цæугæ кодта, Терк та æд къуын- дзихтæ иу ран æнцад лæууыд, уый хуызæн. Фæлæ уый æрхъæцæй фылдæр нæ ахаста. Дзыхъын ногæйта æну- выдæй кæсын байдыдта. Иу дынджыр цонгджын сау кæлдын æй йæхимæ æркæсын кодта. Куыддæр æнæ- хуыз, æнæ змæлгæ, æнæ зилдух гæнгæ, ленк кодта до- нæн йæ тæккæ бæрæг астæу. Афтæ дæр ма йæм фæ- зынд, цыма дон-дон нæ, фæлæ Терчы цæхкæрмæ гæрс- та йæ тæнæджырдæм, уыйау. Лукашкæ йæ сæр ра- дардта æмæ йæм лыстæг ныккаст. Къуындзих 197
ленк кодта змисдзæстмæ, стæй ныллæууыд æмæ куыд- дæр æнахуыр змæлд скодта йæхи мидæг. Фын фенæ гау, Лукашкæйæн йæ цæст ацахста, цыма къуындзи- хы бынæй адæймаджы къух фæзынд, уый хуызæн. «Мæнæ мын цы фадат æрцыд, зыбыты иунæгæй абы- рæджы амардзынæн!» — ахъуыды кодта йæхи нымæ- ры; топпмæ арæхстгай бавнæлдта, саджилæг тагъдго- мау ацарæзта, топп ыл æрæвæрдта, сабыргай йæ сæргъæвта, йæ улæфт фæурæдта æмæ зæрдиагæй ныхъавыди мысанмæ. «Хъал никæй скæндзынæн», зæгъгæ, загъта хп нымæры. Фæлæ мидæгæй риуы зæрдæйæ гуыпп-гуьшп афтæ тынг ссыд, æмæ йæхи фæурæдта, æмæ та хъусын байдыдта. Къуындзих æвигшайды фæтъупп ласта æмæ та доны цæхкæр ацы- фарсырдæм æрбаленк кодта. «Куы нæ йæ февгъуы- ин!» — ахъуыды кодта, æмæ мæйы дыдзы рухсмæ æрхъæцмæ иу зынд фæкодта тæтæйраг сæр къуындзи- хы разæй. Топп раст оæрмæ фæцарæзта. Сæр æм топ- пы кæсæнæй хæрз хæстæг фæкаст, цыма хæтæлы бы- рынчъы уæлæ уыд, уый хуызæн. Кæсæны сæрты ма пæм иу каст фæкодта. «Абырæг у æнæмæнгæй», — ихъуыды кодта цингæнгæйæ æмæ æвиппайды йæ зон- гуытыл абадт; топп та йæм фæцарæзта, цæст топпы даргъ хæтæлы кæсæн ацахста, йæ чысылæй нырмæ цы ’гъдауыл сахуыр, уымæ гæсгæ загъта: «фыдæн æмæ фыртæн», æмæ гæдывæдæг фелхъывта, æмæ, дæ бал- гъитæг афтæ. Топп цæх<æртæ акалдта, йæ р,ухсмæ ис — дуг дон æмæ хъамыл фæрухс сты. Топпы гæрахы цы- быр къæрцц-хъæр айхъуьют уæлдæфы æмæ кæмдæр дард йæ гуыргуыр ссыд. Къуындзих цæхкæрмæ нал, фæлæ дæлæмæ дон-дон афардæг хъеллау æмæ зилдух гæнгæ. — Æз дын зæгъып, хæц ыл! — фæхъæр кодта хуысоæнхъæлдзæгæй Ергушов æмæ, йæ топп йкаргæ- йæ, кæлдыны фæстæ йæ сæр сдардта. — Нььхъус у, дæлимон! — сабырæй сдзырдта Лука. — Абырджытæ! — Кæй фехста? — бафарста Назаркæ. — Цы фехс- тай, Лукашкæ? Лукашкæ ницы дзырдта. Уый йæ топп ифтыгъта æмæ каст, къуындзихы дон кæцырдæм ласта, уымæ. 198
Хæстæг, донæн йæ тæнæджы, къуындзих банцад æмæ йæ бынæй фæзынд дынджыргомау цыдæр, æмæ доны фæйлауæнтошæ æмызмæлд кодта. — Цы фехстай? Дæхи куы ныхъус кодтай? — сдзырдтой йæм хъазахъ. — Абырæджы, дын куы загътон, — фæстæмæ сын радта дзуапп Лукашкæ. — Ныр цы гæды ныхæстæ- кæныс, кæй афæливын- мæ хъавыс? Æвæццæгæи, дæ топп феваст. — Абырæджы амардтон! Кæд уæ уырны, уæд! — сдзырдта ризгæ хъæлæсæй Лукашкæ, уæлæмæ стгæ- йæ.— Лæг æрбацæйленк кодта... — загъта уый йæ къухæй змисдзаст сакъадах амоыгæйæ. — Æз æй амардтон. Цæстытæ дыл нæй? акæс-ма дæлæ. — Æгъгъæд у! ныр цы гæды ныхæстæ кæныс! — загъта та Ергушов, йæ цæстытæ æууæрдгæйæ. — Уый та цы хоныс? акæс-ма, акæс! уыныс дæ- лæ! — загъта Лукашкæ æмæ Ергушовы уæхсчытæм фæлæбурдта; йæхимæ йæ афтæ тынг æртасын кодта æмæ йæ хъихъ фæцыд. Ергушов акаст, Лукашкæ йын кæдæм амыдта, уыр- дæм, æмæ марды куы раиртæста, уæд æндæр хъæлæ- сæй> æндæр дзыхы уагæй дзурын байдыдта. — М-м, — зæгъгæ, фæкодта, — æз дын зæгъын, иунæг нæ уыдаид, æмбæлттæ ма йын уыдзæн. Мс ’цæ- гæй зæгъын, бауырнæд дæ! — Æмæ йæ топп рæвдз кæныныл фæци. — Уый сæ раздзог уыд. Кæнæ ам, кæннод та фаллаг фарс искуы хæстæг уыдзысты. Уы- мæн æнæ афтæ хос нæй. Лукашкæ йæ рон сыхæлдта æмæ йæ цухъа ла- сыныл фæци. — Кæдæм, кæ? гуымиры, кæд де сæфт не’рцыд, уæд? — фæхъæр кодта Ергушов. Бавзар-ма æрмæст, доны къусы сæфт фæкæндзынæ, æцæг дын зæгъын, æцæг. Кæм> æй амардтай, уым дын никæдæм уал алидз- дзæн. Æри-ма дæ топпыхосдон, æз мæ топпы хъусы топпыхос авгæнон. Исдæм? Назар! цырд згъоргæ пост- мæ, æрмæст, хъусыс, доны былтыл ма ацу. Амардзы- сты дæ, уый дын зæгъын. — О, зæгъыны еттæмæ дæ ницы хъæуы! Куыд нæ 199
дыи ацыдтæн иунæгæй! Дæхæдæг цы ми кæныс, цæ- уылнæ цæуыс? — загъта мæстыйæ Назаркæ. Лукашкæ йæ цухъа фелвæста æмæ доны былмæ бацыд. — Ма цу дын куы зæгъын, — сдзырдта Ергунюв, йæ топпы хъусы топпыхос æвгæнгæйæ. — Уыныс, змæлгæ дæр иал кæны, йæхи куыд ныхъус кодта, æз æй æмбарын, ма тæрс. Бонмæ бирæ нал ис, уалынджы постæй дæр хæццæ кæндзысты. Цæугæ, Назаркæ! Мæпæ цы тæппуд у, сымахыстæн! Ныр цæмæй тæрсыс? Ма тæрс дын куы зæгъын æз! — Лука, о, Лука! —загъта Назаркæ. — Радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, куыд æй амардтай, уый. Лукайы уыцы сахат донмæ бахизын нал бафæн- дыд, æрфæсмон кодта. — Цæугæ постмæ! Цырддæр у! Æз уал ам абад- дзынæн. Хъазахъæн зæгъ, фæдисы агурæг цæуын чъæуы, зæгъгæ. Кæд ацы фароæрдыгæй разыной, уæд сæ æрцахсын хъæудзæн. — Æз афтæ зæгъын, æмæ аирвæздзысты, — загъта Ергушов стгæйæ, — уымæй раст зæгъыс, æрцахсьш сæ хъæуы. Ергушов Назаркæимæ сыстадысты, сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой æмæ постмæ араст сгы, доны бьтлтыл нæ, фæлæ фæсфæдты, какæтты æхсæнты, æмæ хъæды къахвæндагмæ бахызтысты. — Хъусыс, Лука, цырд лæу, змæлгæ дæр ма кæ, — загъта Ергушов, — кæннод дæ ауæлгоммæ кæндзысты, сух-мух митæ нæй. Бахъахъæн дæхи, стырзæрдæ ма у, æз дьтн афтæ зæгъын. — Цæугæ, зонып, — сдзырдта Лука; йæ топп арæв- дзытæ кодта æмæ та кæлдыны аууон сбадт. Лукашкæ зыбыты иупæгæй бадт, алырдæм каст æмæ хъазахъмæ йæ хъус дардта, нæма æрбацæуынц, зæгъгæ. Пост дæрддзæфгомау уыд æмæ йæ удæй цыд, кæй амардта, уымæн йе’мбæлттæ зæфцы фыдæй куы аирвæзой. Сагъæсы бацыд, мæстæй мард, дысонизæр хъæддаг нæлхуы куыд аирвæзт, аф’пæ ныр абырджы- тæ дæр куы аирвæзой. Алырдæм йæ алфæмблай ра- кæс-бакæс кодта, донæн йæ фаллаг фарсмæ дæр-иу бакаст, кæд ма дзы мæ цæст искæуыл æрхæцид, зæгъ- 200
гæ. Фæндыд ма йæ, саджилæг куы æррæвдз кæнид æмæ искæй куы багæрах кæнид, уын. Йæхи йын амар- дзысты, уый йæ зæрдæйы кæрон дæр иæ уыд, хъуыды дæр æй нæ кодта. IX Бон цъæх кæнын байдыдта. Цæцæйнаджы мардуы- цы иу ран лæууыд, зына-н-æзына доны фæйлауæнтимæ æмæемæлд кодта, æмæ ныр дзæбæх зынд. Æвиппайды хæстæгæй хъамылы къæрцц фæцьтд, къæхты хъæр фе- хъуыст æмæ хъамылы сокоратæ базмæлыдысты сæхн мидæг. Хъазахъаг топп сæргъæвта æмæ хи нымæры загъта: «Фыдæп æмæ фыртæн». Фæлæтолпы къæрццы хæд фæстæ къæхты хъæр фæхъус. — Гъей, хъазахъ, зæронды ма амарут, мачи фех- сæд, — фехъуыст зонгæ бæзджын хъæлæс æмæ Ерош- кæ, хъамыл ссæндгæйæ, хъазахъаджы уæлхъус алæууыд. — Чысыл-ма бахъæуа фæцæй дæ мардтон, дæу цы хуыцау скодта, уыйыстæн, — загъта Лукашкæ. — Цы фехстай, уый? — афарста йæ зæронд лæг. Зæронд лæджы хъæлæс ныййазæлыд хъæды æмæ дон-дон дæлæмæ, æмæ хъазахъаджы алфæмблай цы æдзæмдзинад æмæ сусæгдзинад уыд æхсæвыгон, уыи цыдæр фæци, фесæфт. Цыма æвиппайды бæстæ фæ- хуыздæр æмæ фæхъæлдзæгдæр, афтæ сси. — Дæуæн дæ цæст ницæуыл æрхæцыд, фæлæ дзы æз иу сырд афæлдæхтон, — загъта Лукашкæ; æмæ стгæ-стып, топпы сампал дæлæмæ æруагъта, йæхи, цы- пæ уыд, уымæй зæрдæджын, ныфсджындæрæй æвдис- гæйæ. Зæронд лæг æдзынæг каст марды фæсонтæм. Ныр дзæбæх зынд, урс дардта æмæ йæ алфæмблай Терчьт лыстæг фæйлауæнтæ змæлыдысты. — Бæласы цонг йæ астæуыл баст, афтæмæй ленк кодта. Æз æй бахъуыды кодтон... Ацырдæм-ма ракæс! уæртæ уыныс! цъæх хæлафы мидæг, цыма йæм топп дæр нс... Уыныс æви нæ?—загъта Лука. — Цас уынинаг у,— йæ зæрдæмæ кæсгæйæ загъта зæропд лæг карз цæсгомы хаттимæ. — Сахъ лæг амардтай,— загъта, цыма тæригъæд кодта, уыйау. 201
— Афтæ мæхицæн бадын, кæсын æмæ фаллаг фарс цавæрдæр сау æндæрг фæзынд. Æз æй бахъуы- ды кодтон, уым ма куы уыд, уæд. Афтæ мæм фæзынд, цыма лæджы хуызæн цыдæр æрбацыд æмæ доны ных- хауд. Уæу, мæнæ диссаг! — зæгъгæ, загътон мæхи ны- мæры. Кæсын æмæ дынджыр къуындзих ленк кæны, дон-дон нæ, фæлæ цæхкæрмæ. Уалынджы дын йæ бы- нæй лæджы сæр фæзынд. Ай та цавæр диссаг уа? Ба- хъавыдтæн æм æмæ мæм хъамылæй дзæбæх нæ зынд. Мæ бынатæй сыстадтæн æмæ, хæйрæг кæм не сты, æвæццæгæн, йæ хъусыл исты æрцыд, донæн йæ тæ- нæгмæ æрбалæст æмæ алырдæм ракæс-бакæс кæны. Гæды зæгъыс, нал аирвæздзынæ, ахъуыды кодтоп мæ- хи нымæры. (Уæу, мæ хъуыр мын цыдæр бахкæдта). Æз мæ’топп арæвдз кодтон, уæдæ цы уыдаид,— ны- хъус дæн, æнхъæлмæ кæсын. Уый иучысыл алæууыд æмæ та аленк кодта, мæй кæдæм каст, уырдæм куы бахæццæ, уæд йæ фæсонтæ фæзындысты. «Фыдæн, фыртæн æмæ сыгъдæг удæн». Кæсын æмæ фæздæджы аууонæй йæ цыппæртæ цæгъды. Цыма схъæрзыдта, афтæ дæр мæм фæзынд. Хуыцау дæуæй разы, ахъуы- ды кодтон мæхи нымæры, амардтон æй! Дон æй кæ- ронмæ куы раппæрста, уæд раргом бынтондæр, сты- ныл ма афæлвæрдта, фæлæ йæ бон пал баци. Атухитæ ма кодта иу цъусдуг, стæй йæхи ауагъта. Ныр дзæ- бæх зыны. Кæсыс æм, змæлгæ дæр нал кæны, æвæц- цæгæн, ныммард. Хъазахъ постмæ фезгъорынц кæд йе’мбæлттæ нæ аирвæзиккой. — Ницыуал æрцахстат, — загъта зæронд. Ныр уы- дон сæхи айстаиккой,—æмæ та æнкъардæй, йæ хуылф- мæ кæсгæйæ, йæ сæр банкъуыста. Уыцы сахат фис- тæг æмæ бæхджын хъазахъ хъæрæй дзургæйæ æмæ къалиутæ къæрццытæ гæнгæ æрбазындысты. — Æвæц- цæгæн, бæлæгъ æрбаласынц, — фæхъæр кодта Лука. — Car лæг дæ, Лука. Дæ рынтæ мæ гуыбыны. Ра- ласут æй доны былмæ, — хъæр кодта хъазахъæй иу. Лука бæлæгъ æрбахæццæмæ дæр нал фæлæууыд, фæлæ йæ дзауматæ ласынмæ фæци, мардмæ йæ цæс- ты зул даргæйæ. — Фæлæу уал! Назаркæ бæлæгъ куы æрбаласы! — хъæр кодта урядник. 202
— Æдылы сæр, кæд ма æгас у, мийаг, марды æф- сон кæд йæхи барæй ныхъус кодта. Хъама уæддæр ахæсс, — фæхъæр кодта иннæ хъазахъаг. — Ныхæстæ кæныс! — йæ хæлаф ласгæйæ загъта Лука. Цырд йæ дзауматæ раласта, йæхиуыл дзуар бафтыдта, йæ мидбынаты хæрдмæ йæхи фехста æмæ доны йæ цæлхъ фæцыд. йæ астæу бæрзонд даргæйæ йæ урс къухтæ дардмæ æлвæста æмæ æмдзæхкæр ивазгæ ленк акодтэ. Хъазахъ доны былыл иукъордæй ныхасгæнгæйæ, æмдзырд кодтой. Æртæ бæхджыны скарæг ацыдысты. Бæлæгъ фæпдаджы фæзилæпæй фæзынд. Лукашкæ тæнæджы йæ къæхтыл алæууыд, æргуыбыр кодта æмæ марды иу-дыууæ фæлдæхты акодта. — Мардæй йæм дау нæй!—æрбайхъуыст уырды- гæй Лукайы цъæхснаг хъæлæс. Цæцæйнагæн иæмыг раст йæ тæккæ сæрыл сæм- бæлд. Йæ дзауматæ — цъæх хæлаф, хæдон, цухъа, йæ гæрзтæ — топп, хъама — сеппæт дæр йæ фæсонтæм сбаста. Уыдон уæлæ баст уыд дынджыр бæласы цонг, рпйдианы Лукашкæйы чи фæсайдта, уый. — Дзæбæх сардзан кæфыл фæхæст дæ, льшæн! — загъта, марды алыварс зиллакклæуд чи кодта, уыцы хъазахъæй ну, марды бæлæгъæй куы раргъæвтой æмæ нæ доны был кæрдæг ссæндгæйæ куы адаргъ кодтон, уæд. — Цы бур-бурид у йæ буар, — загъта иннæ. - Нæ адæм кæдæм ацыдаиккой, цьтмæ? Æвæц- цæгæн, фаллаг фарсмæ ахызтысты. Ай сæ раздзог уы- даид, уый йеттæмæ йæ иунæгæй, кæд йе сæфт не’рцыд, уæд цы фыдбылыз хаста, кæдæм мын цыд! — загъта æртыккаг. — Иннæтæй хъауджыдæр йæхи кæм суæлдай код- та, уым æнæлæг нæ уыд. Сæ тæккæ сæрæндæртæй! — хъазгæ ’мхасæн, хынджылæггæнæгау загъта Лукашкæ, йæ хуылыдз дзаума лæмаргæйæ æмæ æдзух фес- тъæлф-фестъæлф гæнгæ, — йæ зачъетæ ахуырст æмæ æлвыд сты. — Йæ цухъа хызыны мидæг фæсонтыл бабаста. Æмæ афтæ хъуыд, ленк кæнынмæ йын æнцондæр уыд,—загъта чидæр. 203
— Хъусыс — Лукашкæ! — бадзырдта урядник, йæ къухы марды хъама æмæ топп даргæйæ. — Ды, баз- дæх, æмæ а-хъама дæхицæн уадз, цухъа дæр афтæ, а^ топп ч’и у, уымæн дын æртæ сомы раттдзынæн, æрба- цу-ну. Тынг хæзна иæу, гæды ныхас, æхситт кæны,— загъта уый, топпы хæтæлы фугæнгæйæ.—Афтæ мæм дæ номыл фæдарын дзæбæхау кæсы. Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта: хъыг ыи уьтд уыцы мæгуыргурдзинад; фæлæ æндæр амал æмæ æнæ афтæ бакæиæн нæ уыд. — Ннчи йæм кæсы уыцы хæйрæгмæ! — загъта уый, йæхи фæтар кæнгæйæ æмæ цæцæйнаг цухъа зæч- хыл ныццавта. — Истæййаг цухъа дæр ма куы уаид, (\)æлæ цыдæр байгуш. — Хъæдмæ цæуынмæ уæддæр бæззы, —загъта ин- нæ хъазахъаг. — Мосев, нæхимæ ауайын фæнд мæм ис, — загъта Лукашкæ урядникæн: йæ маст æй ферох æмæ йын лæ- вар кæй бакодта, уый æнæуый истæмæй баххæст кæ- нынмæ хъавыд. — Æмæ цы кæны, æгайтма дæ фæнды, — цæугæ! — Марадзут, посты æттæмæ йæ аласут, — загъта урядник хъазахъæн, йæ топп рауын-бауын гæнгæйæ. — Хур æм цæмæй нæ кæса, уый тыххæй исты тапкагонд аразын хъæудзæп. Æвæццæгæн, хох сæ мард нæ ныу- уадздзысты, æлхæнынмæ йæм æрцæудзысты. — Тас ын нæу, нырма уый бæрц æнтæф нæма у,— загъта чидæр. — Хъæддаг куыдз æй куы акъабæзтæ кæна, ми- паг? Уæд хорз уыдзæп? — баппæрста йæ ныхас хъаза- хъæй иу. — Хъахъæнджыты æрæвæрын хъæудзæн, кæннод æй куы ’лхæной: къабæзтæй хорз нæ уыдзæн. — Гъæй, Лукашкæ, дæ бар дæхи, фæлæ дæ фæси- вæдæн иу ведра æрæвæрын хъæуы, — загъта хъазгæ ’мхасæн хъæлдзæгæй урядник. — Æнæ уый та уæдæ куыд! — сдзырдтой алырды- гæй хъазахъ. Хуыцау ын цы амонд радта, йæ хъул сах абадт: æнæ исты фенгæйæ, æнæ фыдæбонæй абырæ- джы афæлдæхта. — Хъама æмæ цухъа балхæн. Æрмæст æхца фыл- 204
дæр рахæсс. Хæлаф дæр уæй кæнын. Кæмæ мын цæ- уынц, — дзырдта Лукашкæ. Мæныл уæддæр не ссæу дзæн. Стæвдтæ уыд, йæ мард фесæфа! Цухъа иу хъазахъаг сомæй алхæдта. Хъамайыл ин- ГсТ радта дыууæ сæны ведрайы. — Цæй, куыйтæ уæ бахæрæнт, пу ведра уын æвæ- рын, пуазгæ ут, лæппутæ, — загъта Лукашкæ. Хæсгл- дæр ма уын æй мæхæдæг æрбакæндзынæн хъæуæй. — Хæлафæй та чызджытæн сæрбæттæнтæ скæрд, - загъта Назаркæ. Хъазахъ ныккæлкæл кодтой. — Цæй-ма, уæ худын нал ныууадздзыстут? — сдзырдта урядник. — Атте йæ кæнут ардыгæй уыцы «олгъаджы! Хæдзары цур æй цы æрæвæрдтат? — Ныр цы слæууыдыстут? Раласут æй ацыр- дæм! — барджын хъæлæсæй фæхъæр кодта Лукашкæ. Хъазахъ уый агъоммæ, знвæггæнгæйæ æвнæлдтой мар- ды буармæ, фæлæ Лукашкæ, цымасæхицау уьтд, уый- ау ын йæ ныхас сæххæст кодтой. Марды иукъорд къахдзæфы æттæдæр аластой йæ къæхтæй, æмæ йа* æрæппæрстой, сæхæдæг сæхи чысыл фæстæдæр айстон а^мæ исдуг æнæ дзургæйæ йæ уæлхъус алæууыдысты. Мардæн йæ сæр йæ быны фæци. Назаркæ бацыд, сæр марды бынæй раласта æмæ йын йæ цæсгом æмæ йæ мæнгдзæсты сæрмæ топпдзæф дзæбæх куыд зындаик- кой, афтæ йæ сарæзта. — Бæрæггæнæн ын æвзæр не скодта, æвæдза! Дзæбæх ранмæ йын бахъавыд! Раст йæ тæккæ сæры магъзы хъаппмæ, — загъта хъазахъæй иу: — нал фо сæфдзæн, хионтæ йæ йæ гаккæй базондзысты. — Ничн йæм ницы сдзырдта, фарн се’хсæнты атахт æмæ та æрсабыр сты. Хур дзæвгар уæлпау ссыд æмæ йæ тынтæй рухс кодта æртæхджын цъæхснаг кæрдæгыл. Хъæд райхъал æмæ Терк йæ хъæбысы гуыргуыр кодта. Райсомыл цингæнгæйæ, х-ьæддаг уасджытæ хæрзæггурæгау, кæ- рæдзимæ уасыдысты. Хъазахъ марды уæлхъус тæфæр- фæсгæнæджы лæуд кодтой æмæ йæм кастысты. Мао- ды нуарджын цæнгтæ æмраст хъæддыхæй лæууыды- сты фæрсты æмбуар. Цъæхбын ног даст тымбыл сæр, туг кæм бацахст, уыцы топпдзæфтимæ фæстæуæз 205
æвæрд уыд. Хурæй сыгъд лæгъз иых æргом бæрæгдæр уыд даст сæры цармæй æмæ хицæн хуызы йæхи æв- дыста. Авгхуыз дзагъыр цæстытæ, арф хауд гагуыти- мæ хæрдмæ дзæгъæл кастысты. Цæхкæр æлвыд сырх рихиты бып, нарæгвæст былтыл баззад зæрдæхæлар зына-нæзына мидбылты худт. Хъуынджын гыццыл къухты æнгуылдзтæ, сырх ахуырст ныхтимæ, мидæмæ таст уыдысты. Лукашкæ нырма йæ дзауматæ йæ уæлæ нæма скодта. Уый уыд хуылыдз, йæ бæрзæй фыццагæй сырхдæр уыд, йæ цæстытæ уæлдай тынг- дæр æрттывтой, фæтæн рустæ рæстæгæй-рæстæгмæ, стъæлфæгау, зырзыр кодтой, урс æнæниз тыхджын буар зына-нæзына тæф уагъта райсомы уазал дым- гæмæ. — Уый дæр, æвæдза, адæймаг уыд, — загъта Лу- кашкæ, марды зæрдæмæдзæугæ сурæтмæ кæсгæйæ. — Фадат pan дыл куы фæхæст уыдаид, уæд куыд раирвæзтаис, уый лæппутæ федтаиккой: мысты хуынкъ туманæй агуырдтаис. Фарн се’хсæнæй атахт. Хъазахъта базмæлыдыстьи ныхас кæнын байдыдтой. Дыууæйæ уистæ кæнынмæ ацыдысты, тапка саразынæн. Иннæтæ постырдæм сæ- хи айстой. Лукашкæ æмæ Назаркæ хъæумæ цæуын сфæнд кодтой æмæ азгъордтой сæхи арæвдз кæ- пынмæ. Сахаты æрдæг рацыдаид, нæ, афтæ Лукашкæ На- заркæимæ, хъæуæй Терчы æхсæн, тар хъæды мидæг, фæдисы згъорд кодтой сæ хæдзæрттæм, æнæскъуыйгæ пыхасгæнгæйæ. — Хъусыс, мæ кой-иу ма скæн, фæлæ бацу æмæ йæ мой сæ хæдзары ис, нæй, уый бæрæг хабар мын-иу рахæсс,—дзырдта Лука йæ цъæхспаг хъæлæсæй. — Æз та Ямкæмæ бауайдзынæн. Гъæй, цæй æмæ абоны-бон нæ бонтæй иу арвитæм, иу чысыл нæхи бахъæлдзæг кæнæм. Цы зæгъыс, мæ лымæн? — афарс- та коммæгæсаг Назаркæ. — Уæдæ ма кæд, кæд, хуыздæр бонтæ ма ныл кæд скæндзæн? — дзуапп ын радта Лука. Хъæумæ куы бацыдысты, уæд хорз банызтой æмæ схуыссыдысты изæрмæ æмгъуыдæй. 206
X Уыцы хабæртты фæстæ æртыккаг бон Кавказаг фистæг полкъæй дыууæ ротæйы æрцыдысты цæрын- мæ Новомлинскы хъазахъаг хъæумæ. Хъæуæн йæ бæ- рæг астæу, лæгъзы мидæг æрбадтысты æмæ сæ бæхтæ суæгъд кодтой. Касгæнджытæ дзыхъытæ скъахтой, алы æгуыдзæг рæттæй суджы лыккæгтæ фæхастой æмæ кас фыхтой. Фельдфебелтæ æхцатæ уæрстой. Бæхтæмзилджытæ михтæ къуырдтой бæхбæттæнтæн. Фатсры кой гæнджытæ, хицон адæмау, ратæх-батæх кодтой уынгты, афицертæ æмæ салдæттæн сæ фатертæ амонгæйæ. Уым уыд цъæх асьикктæ рæнхъ æвæрдæй. Уым уыд цыппæрдзæлхыг уæрдæттæ æмæ бæхтæ. Уым уыд касфыцæн æгтæ. Уым уыд капитан, поручик æмæ фельдфебел, Онисим Михайлович. Уыдонæн сеппæтæн дæр рагагъоммæ æмбæрстгонд уыд, ацы хъæуы мидæг кæй уыдзæн сæ цæрæн бынат, уый. Уый адыл цыма сæхи хæдзæртты æрцардысты, уый хуызæн сæм зынд. Цæмæн ацы ран æрцардысты? Чи сты ацы хъазахъ? Лм кæй æрцардысты, уый хъазахъы зæрдæмæ цæуы, нæ цæуы? Зæронд дингæнджытæ сты æви не сты? Уы- дæттæ йеттæ йæ зæрдæйы кæрон, йæ хъуыдыйы дæр пикæмæн уыд. Уæгъдибар, фæлмаст, рыгæйдзаг сал- дветтæ хъомпалæй, хъæлæба гæнгæ, ногдзыд мыды бындзыты хуызæн, ныххæлиу сты хъæуы уынгты æмæ лæгъзыты. Хъазахъ сæм цы æвзæр цæстæнгас дард- той, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд, афтæ- мæй дыгæйттæй, æртыгæйттæй, хъæлдзæг ныхæстæ гæнгæ æмæ топпытæй зæланг-мылунг гæнгæ хæдзæрт- тæм æнæфсæрмæй бырстой, дзауматæ къултыл ауыгъ- той, голджытæ райхал-байхал кодтой æмæ хъазахъы устытимæ хынджылæг скъæрдтой. Салдæттæ сæ уар- зон касфыцæи бынатмæ æмбырдтæ кæнынц дзыгуыр- тæй æмæ, сæ лулæтæ сæ дзыхты, афтæмæй ракæс-ба- кæс кæнынц, æнæзьтнгæйæ, хъуызæгау, уæларвмæ чи сфардæг æм,æ уым, урс мигъау чи сбадт, уыцы фæз- дæгмæ, кæиæ кæсынц, сыгъдæг уæлдæфы, тад авджы хуызæн зырзыр гæнгæ чи хъазы, уыцы арты цыренмæ. Хъазæн ныхæстæ гæнгæйæ, сæхи ирхæфсынц, æмæ хъазахъ сæ сылтимæ, уырысы хуызæн, кæй нæ цæ- 207
рынц, сæ царды уаг, сæ царды æгъдæуттæ æндæр кæи сты, уыдæттыл худынц. Алы кæрты змæлынц салдæт- тæ, æмæ хъуысы сæ хъæлдзæг худт, сæ кæлкæл; хъуы- сы, салдæтты сæ хæдзæрттæм чи нæ уадзы, дои, дзау- ма сып чи иæ дæтты, уыцы хъазахъаг устыты цъæх- ахст хъæлæс æмæ хъæр. Гыццыл сывæллæттæ, сæ ма- дæлтыл кæнæ сæ кæрæдзийыл сæхи ныхасгæйæ, тарст хуызы мидæг, дисгæнгæйæ кæсынц, кæй никуыма фед- той, уыцы салдæтты змæлдмæ æмæ дардæй сæ фæдыл згъорынц. Зæронд хъазахъæгтæ хæдзæрттæй æттæмæ лæсынц, къулы тæрхæгыл сбадынц æмæ æнæ исты дзургæйæ, æнтъыснæгæй салдæтты ракæ-бакæмæ кæ- сынц, цыма алцæуыл дæр сæ къух ауыгътой, ахæм цæстæнгасæй. Олении ныр æртæ мæйы Кавказы полчъы бакуы- сга. Ф.атер ын радтой хæрунжий Илья Васильичы æмæ нæ ус Улитæйы хæдзары, хъæуы мидæг хæдзæрттæн сæ тæккæ хуыздæры. — Нæ раны стæм, Дмитрий Андреевич! Бæрæг иæм уыдзæн, цъысымы бахаудыстæм, — дзырдта Ва- нюшæ Оленинæн хæстулæфт гæнгæйæ, цухъайы ми- дæг, хъæлдзæгæй, фондз сахаты цыды фæстæ сæ ног фатеры кæрты куы æрбалæууыд, уæд, Грознайы цы кæсгон бæх балхæдта, ууыл бадгæйæ. — Æмæ цы хабар у, Иван Васильич? — бафарста Оленпн, бæхмæ æвзидгæйæ хъæлдзæгдæры тыххæй æмæ Ванюшæмæ кæсгæйæ. Ванюшæ, мæгуыр, ныр- тæккæ æрбахæццæ уæрдонимæ æмæ уыцы хидæйдза- гæй, пыхцыл сæрыхъуынтимæ, мæстыхуызæй дзаума- тæ æфснайдта. Оленин бакастæй йæхи хуызæн нал уыд, æндæр адæймаг фестад, нал æй базыдтанс. Быныл даст цæс- гомы бæсты йын уыд лæппын хъуын, гыццыл рихитæ æмæ зачъетæ. Æнæ хуыссæгæй фæлмæст цæсгом аив- та æнæниз хурсыгъд уадултæй, ных æмæ фæсхъустæй. Ног сау фрачы1 бæсты дардта урс, чъизи фæтæн-синтæ цухъа æмæ хæцæнгарз. Ног сыгъдæг крахмал æфцæк- коты бæсты йыл уыд зæлдаг куырæты æфцæккот йæ хурæй сыгъд хъуырыл. Черкесаг дзаума дардта, фæ- 1 Уæлæдарæс дзаума. 208
лæ йыл хорз пæ фндыдтой. Йæ фыццаг бакастæй бæ- рæг уыд, хохаг кæй нæу, фæлæ уырыссаг кæй у, уый. Цыдæриддæр цыма куыд æмбæлд, афтæ æгъдауыл конд уыд, фæлæ цыма афтæ дæр пæ уыд, уый хуы- зæн зынд; фæлæ уæддæр, æтте бакæсгæйæ, æнæниз, хъæлдзæг кæй у, йæхнцæй разы кæй у, йæхæдæг йæхп зæрдæмæ кæй цæуы, уый бæлвырд уыд, уый гуырыс- хойаг нæ уыд. — Дæумæ худæг кæсы, — загъта Вашошæ, — фæ- лæ ма дæхæдæг авзар, цу ’мæ аныхас кæн сем,æ. Æп- пын лæджы ницæмæ дарынц. Дзырд цну, уый дæр сæ йæ рафæлгъаудзынæ. — Ванюшæ мæстыйæ ведра къæ- сæрмæ баппæрсга.—Цы мæрдтаг сты, ард сæфæнычы бацæуа, уый бæрæг нæй, уырысы хуызæн дæр не сты. — Хъæуы хицауимæ цæуылнæ аныхас кодтой? — Хæйрæг базонæд, чи сæ кæм цæры, æз сын н,ицы зонын, — тæргай хуызæй, бустæ гæнгæ, загъта Ванюшæ. — Уа^ддæр дæ афтæ чи ’фхæры? — афарста йæ Оленин, алырдæм кæсгæйæ. — Æмæ сын чи цы ’мбары! Тфу! Хицау бæрæг дæр дзы нæй. Кæдæмдæр кæсагахсынмæ, дам, ацыд! Сæ зæронл ус, — усбирæгъ никуы федтай? Абабау, хуыцау мæ уымæй бахизæд! Ам куыд фæцæрдзыстæм, уымæн ницы зонын! Афтæмæй сæ чырыстон хонынц; уайдзаг бауæнт, тæтæйраг куы загъдæуа, уый дæр бн- рæ хуыздæр, бирæ уæздандæр у. Ацыди, дам, ацыд. Цы хæйрæг æй ахаста, уый бæрæг нæй!—бафтыдта ма Ванюшæ æмæ Оленинмæ йæ чъылдым фездæхта. — Нæхнмæйы хуызæп нæу ам уæдæ, и! — загъта Оленин, хъазгæ ’мхасæн, мæстæй марæгау, бæхыл бад- гæйæ. — Бæх ардæм æрп, — загъта Вапюшæ, йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ, æмæ ног царды уагыл дисгæнгæнæ. — Уæдæ тæтæйраг уæздандæр у, зæгъыс, Ваню- шæ, и? — дыккаг хатт æй афарста Оленин. Бæхæй рафистæг æмæ саргъы баз йæ къухæй æрхоста. — Дæумæ худæг кæсы, фæлæ йæ бамбардзын-æ! — загъта Ванюшæ мæстджын хъæлæсæй. — Фæлæу-ма, дæ хорзæхæй, мæсты ма кæ, мæсты, Иван Васильич, — загъта Оленин, йæ мидбылты худ- П Л. Н Толсюй. 209
гæйæ. — Кæс-ма уæдæ мæнмæ, æз сæм бацæуон, кæд- дæра хъуыддаг дзæбæх нæ ацæуид. Афтæ цæрдзы- стæм, æмæ хуыздæр нал æмбæлы! Æрмæст ды мæсты ма кæ. Ванюшæ йæм ницы дзырдта, æрмæст цъыпддза- стæй, æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй йæ барины фæ- дыл акаст æмæ йæ сæр батылдта. Кусæг баринмæ æмæ барин кусæгмæ цы цæстæй фæкæсы, уыцы цæстæй кастысты кæрæдзимæ Оленин æмæ Ванюшæ. Исчи сын афтæ куы загътаид, дыууæ хорз хæлары сты, зæгъгæ, уæд стыр дисы бацыдаик- кой. Фæлæ йæ сæхæдæг дæр не’мбæрстой, афтæмæй стыр дыууæ лымæны уыдысты. Ванюшæ æмæ Оленин æмгæрттæ, иу азыккæттæ уыдысты. Иуæндæсаздзыдæй Ванюшæйы барины хæдзармæ райстой. Олениныл фынддæс азы цыдаид, афтæ иу ахæмы, Ванюшæйы чиныджы ахуыр кæнын байдыдта æмæ йын францу- сагау кæсын дæр ма бацамыдта. Уыцы æгъдауæй-иу Ванюшæ йæхи сæрыстыр кодта æмæ йæ сины сæрыл хæцыд. Йæ дзæбæх зæрдæйыл-иу куы уыд, уæд-иу, ныхас гæнгæйæ, францусаг ныхæстæ дæр фæтъыста æмæ-иу йæхæдæг æдылы худт бакодта. Оленин хæдзары дæлбазыры асинтыл суади æмæ тыргъы дуар басхуыста. Марьянкæ фæтарст æмæ феохъиудта, къулы ’нцой алæууыд æмæ йæ хæдоны уæрæх дысæй йæ цæсгомы дæллаг æмбис амбæрзта. Марьянкæ æрмæст афтид хæдоны уыд; афтæ уыд се ’гъдау хъазахъы устытæн мид хæдзары. Оленин дык- каг дуар бакодта æмæ дыдзы рухсмæ ауыдта бæр- зонд, хæрзконд, æвзонг хъазахъаг чызджы сурæт. Йæ цæстытæй йæ ахордтаид, ахæм лæппу-лæджы цæстæн • гасæй йæм бакаст; уайтагъд йæ цæст ацахста, тæнæг хъуымац хæдоны бын, тыхджын, æнæниз сылгойма- джы гуырвидауц æмæ рæсугъддзинæдтæ, сынты базы- ры хуызæн сатæг-сау рæсугъд цæстытæ, æвзонг адæи- маджы тарст хуыз, æмæ йæм чи фемдзаст, уыцы сырддзаст, æмæ æмбаргæ цæстæнгас «Мæнæ ис, гъе ныр æй ссардтон, гъе, кæд ма исты зонын, уæд», ахъуыды кодта Оленин. «Ахæмтæ ма дзы ноджы- дæр бирæ уыдзæн», сдзырдта та йæм уый фæстæ йæ зæрдæ æмæ хæдзары дуар бакодта. Зæронд ус Улит- 121!)
кæ, йæ чызджы хуызæн, уый дæр айдагъ хæдоны мн- дæг, гуыбырæй, йæ чъылдым уазæджы ’рдæм здæхт, афтæмæй уат марзта. — Дæ бон хорз, нæ мад! Æз дæм фатеры тыххæй æрбауадтæн... — байдыдта мæлгъæвзагæй дзурыи Оленин. Зæронд ус йæ астæу не стасын кодта, афтæмæй йæм йæ тызмæг, карз, ныр дæр ма рæсугъд цæсгом фæзылдта. — Цы ’рбабырыдтæ? Хынджылæг кæнынмæ нæ хъавыс? и? Æз дын бацамондзынæн, куыд хынджы- лæг кæнын хъæуы, уый. Рын уыл сыста, — фæхъæр кодта ус, тар æрфгуыты бынæй зулдзастæй кæсгæйæ. Оленин афтæ æнхъæл уыд, æмæ фæлмæст хъæба- 1ыр кавказаг æфсæдтæм йæхæдæг дæр нымад кæуыл уыд, уыдонмæ кæмдæриддæр цингæнгæйæ, дзæбæх цæстæй ракæсдзысты, уæлдайдæр та хъазахъ, сем- æфсæддон хæцæг адæм, æмæ, уымæ гæсгæ, стыр дисы бацыд, цы ’гъдау ын радтой, ууыл. Фæлæ уæддæр нæ фефсæрмы, æмæ зæронд усæн бамбарын кæнынмæ хъавьгд, й,æ фатерæн ын æхца фидынвæнд кæй кæны, уый, фæлæ йын зæронд ус йæ дзырд кæронмæ ахæццÆ кæнын нæ бауагъта. — Цы ’рбалæетæ? Цы гуыбынниз дæ хæры? Даст хæмхудтæ! Фæлæу, мæнæ нæ лæг æрбацæуа, уый дын бацамондзæн дæ бынат. Цы сæ кæнын де ’взæр æхца- тæй. Max ахæмтæ бирæ федтам! Тамакойы смагæй хæдзар фесæфдзæн æмæ йæ æхцайæ баххæст кæнынмæ хъавы. Атъæпп уа мын дæ сæр! — бæепæ хъæрæй йæ сæрыл систазæронд ус. Олешшмæ дзьт дзьтрды бар нал æрхауд. «Куыд уынын, афтæмæй Ванюшæ раст у! — ахъуы- ды кодта Оленин:—Тæтæйраг бирæ уааздандæр у»,— æмæ, Улиткæйы судзаг арфæтæ йæ фæдыл цæугæйæ, афтæмæй дуары æтте фæци. Æттæмæ куы рацæйцыд, уæд Марьяпкæ тыргъы мидæг йæ цурты æнæнхъæлгæ- йæ, æваст фæселф ласта, афтид хæдоны мидæг æмæ урс кæлмæрзæнæй тыхт цæсгомимæ. Бæгъæввадæй. асины къæхтыл, гуыпп-гуыпп гæнгæ, цырд æрызгъорд- та, фæлæууыд, худæнцæстæнгасæй лæппу-лæгмæ уыцы ну каст фæкодта æмæ хæдзары фисыны аууон фæци. 211
Æвзонг чызджы уæндон цыд, цæхæрцæст сырд- дзаст урс кæлмæрзæны бынæй, хæрзконд, тыхджын арæзт, нæртон рæсугъд чызджы буар, Оленины зæрдæ тынг балхæдтой. «Æвæццæгæн, уый!», зæгъгæ, загъ- та хи нымæры. Фатеры мæт дæр æй тынг нал уыд, афтæмæй, чызгмæ фæкæс-фæкæс гæнгæ Ванюшæмæ бацыд. — Кæсыс, сæ чызг дæр сæхи хуызæн хъæддаг у! Сыыдзы бынæй сындз цæуы, — загъта Ванюшæ, уæр- донимæ архайгæйæ, — емылыкк ефсæй уæлдай нæу. ьЧафам^ цы хуыцау æй дæтты,—бафтыдта ма уый хъæрæй, бæзджын хъæлæсæй дзургæйæ, æмæ йæхæ- дæг худæгæй уæлгоммæ ахауд. XI Изæры хæдзары хицау кæсаг ахсынæй æрбаздæхт æмæ куы бамбæрста, фатерæн ын æхца фидын фæнд кæнынц, уæд йе ’фсины æрсабыр, æрлæгъз кодта æмæ дзы Ванюшæ цы домдта, уыдопыл сразы ис. Сæ ног фатеры сæ цард алцæмæй дæр срæвдз код- той. Хæдзары хицæуттæ баивтой хъарм агъуыстмæ, юнкерæн та радтой уазал уат мæй эертæ сомыл. Оле- нин бахордта, схуыссыд æмæ бафынæй, изæрырдæм райхъал, йæхи цæхсадта, йæ дзауматæ асыгъдæджы- тæ кодта, сихор бахордта, пъапъироз ссыгъта æмæ уьшджырдæм фæрсаджы цур сбадт. Æнтæф фæсаст, фæуазалдæр. Хæдзары аууон иуварсырдæм зулапв адаргъ рыгæйдзаг уынджы æмæ базылди сыхаг хæ- дзары бындурыл дæр. Йæ бакомкоммæ, уынгæн ин- нæрдыгæй фарс, хъамылæй æмбæрзт хæдзары кæрз къулсæр тæмæнтæ калдта хуры рухсмæ, хурæн йæ ны- гуылæнмæ ’ввахс. Уæлдæф куыдфæстæмæ уазалдæр кодта. Хъæубæстæ уыд сабыр, æдзæм. Салдæттæ фа- тертæ бацахстой æмæ æрсабыр сты. Хъом нæма ссы- дысты. Адæм сæ быдыры куыстæй нæма æрбаздæх- тысты. Олеиипы фатер уыд хъæуæн йæ кæронмæ ’ввахс. Стæммæ дард, Терчы фаллаг фарсæй, бæрæг пæ уыд, 1 Сылгоймаг. 212
кæцæй, цæцæнæй æвн хъуымыхъы быдыртæй, хъуыс- тысты топпы гæрæхты æмыр хъæртæ. Æртæ мæйы æфсæдтимæ быдырты царды фæстæ, Оленинмæ йæ пыры цард дзæбæх каст. Чъизидзинады фæстæ æхсад цæсгом æмæ сыгъдæг буар Оленины сног кодтой, \æнгтæ сæ фæллад суагътой æмæ фæхъæддыхдæр, фæцырддæр сты. Зæрдæ дæр фæрухсдæр, фæхъæл- дзæгдæр. Олешш æрæмысыд хæсты заман æмæ тас рæстæг. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, тас рæтты йæхи куыд дзæбæх дардта, æвзæрдæр кæй никæмæй уыд æмæ Кавказы хъæбатыр къордыл нымад куыд æрцыд, уыдæттæ. Мæскуыйы хъуыддæгтæ адард сты, зæрдæ сæм нал æхсайдта. Ферох ис зæронд цард дæр, ра- лæууыд ног, бынтон пог цард, рæдыддзииад кæм нæма уыд, ахæм. Ныр ын амал уыд ам, ног адæймагæй, æцæгæлон адæмы ’хсæн йæхи равдисын, йæ цард хорз уагыл сæвæрын, дзæбæх цæстæй йæм цæмæй ракæсой æмæ йæ хорзы ном цæмæй баззайа, йæ зæрдæ дзаг уыд, æнæ исты ’фсонæй, ног царды циндзинæдтæй. Фæрссагæй æттæмæ уынгмæ каст. Уым лæппутæ аууон ран цъилтæй хъазыдысты. Уыдопмæ æмæ йе ’фснайд фатермæ кæсгæйæ, хъуыдытæ кодта, йæ цард куыд хъæлдзæг, куыд дзæбæх сараздзæн ацы ног хъазахъаг хъæуы мидæг. Скæстытæ кодта хæхтæм æмæ арвмæ дæр æмæ ма йæ фыццаг хъуыдытыл бафтыд ног фæн- донтæ, бæсты стырдзинад æмæ рæсугъддзинæдты сæ- раппонд. Мæскуыйæ куы цыд, уæд куыд æнхъæл уыд, уыцы æгъдауыл æвæрд не’рцыд йæ цард, фæлæ, æнæнхъæлгæйæ, хуыздæр рацыд. Хæхтæ, хæхтæ, хæх- тæ йæ цæстытыл хъазыдысты æмæ иæ цух кодтой йæ зонд æмæ йæ зæрдæйæ. — Гадзайæн аба кодта, дурын бастæрдта! Зæронд Ерошкæ гадзайæн аба кодта, — схъæр кодтой æваст хъазахъаг лæппутæ, уый агъо’ммæ цъилæй чи хъазыд рудзынджы бын, уыдон. — Гадзайæн аба кодта! Хъа- ма арахъыл ауæй кодта!—хъæр кодтой гыццыл сы- вæллæттæ, кæрæдзимæ æнгом лæугæйæ æмæ размæ лидзгæйæ. Уыдон мæстæй мардтой зæронд лæг Ерошкæйы. Ерошкæ цуанæй æрбацæйцыд, топп йе’фцæджы, хъæд- даг уасджытæ йæ астæуыл, йæ роны сагъд, афтæмæй. 213
— Мæ аххос у, мæ аххос, лæппутæ! — дзырдта Ерошкæ цæугæ-цæуын, хъæлдзæгæй, рог-рог йæ къæх- тæ тилгæйæ æмæ дыууæрдæм хæдзæртты рудзгуытæм кæсгæйæ. — Ауæй кодтон мæ гадза арахъыл, мæ аххос у, æцæг, мæ аххос!—загъта Ерошкæ дыккаг хатт, æвæццæгæн, мæстыйæ, фæлæ йын цыма хъыг нæ уыд æмæ сæ ницæмæ дардта, афтæ æвдыста йæхи. Оленин стыр дис фæкодта, лæппутæ зæронд цуа- нонмæ цы дзыхы уагæй дзырдтой, ууыл, ноджы дис- сагдæр та йæм фæкаст, Ерошкæ кæй хуыдтой, уымæн йæ зæрдæргом, æмбаргæ цæсгомы хатт æмæ йæ тых- джын уæнгты æвæрд. — Зæронд лæг! Уæ хъазахъаг! — бадзырдта йæм Оленин. — Ардæм-ма хæстæг æрбацу. Зæронд лæг рудзыпгмæ фæкаст æмæ ныллæууыд. — Дæ бон хорз уæд, хорз лæг! — загъта Ерошкæ, йæ уæлæнгай æлвыд сæрæй йæ гыццыл худ уæлæмæ исгæйæ. — Æгас нæм цу, хорз лæг, æгас, — дзуапп ын рад- та Оленин. — Цы дæм дзурынц уый сывæллæттæ? Ерошкæ фæрсагмæ хæстæгдæр бацыд. — Цы дзурын æнхъæл сын дæ. Мæстæй мæ ма- рынц, зæронд лæджы. Æмæ уый ницы кæны. Æз уар- зын сывæллæттимæ хъазын. Уадз æмæ мыл цин кæ- иой, — загъта уый тыхджынæй, дзырдтæ ’вазгæйæ, а^мæ, зæронд æгъдауджын адæймаг цы дзыхы уагæй фæдзуры, уыцы æгъдауæй.—Ды, æвæццæгæн, фис- тæг салдæтты хицау уыдзынæ? — Нæ, æз юнкер дæн. Уыцы хæддаг уасджытæ та кæм амардтай? — афарста йæ Оленин. — Хъæды æртæ карчы амардтон, — загъта зæронд лæг æмæ фæрсаджы ’рдæм йæ фæтæн чъылдым фæ- зылдта. Фæсте æртæ хъæддаг карчы, сæ къубæлттæ роны сагъдæй, дзедзыкка кодтой, туджы æртæхтæ кал- гæйæ цухъайыл. — Никуы сæ федтай, æвæццæгæн? — афарста йæ зæронд лæг. — Кæд дæ фæнды, уæд дзы иу-дыууæ дæ- хицæн айс. Гъа!—зæгъгæ, йæм рудзынпæй дыууæ карчы балæвæрдта. — Цуанон нæ дæ? — афарста йæ зæронд. 214
— Бæгуыдæр дæн цуанон. Хæстмæ цæугæйæ дзы фæндагыл мæхæдæг дæр цыппар амардтон. — Цыппар зæгъыс? Æлæр фæдæ уæдæ! загъта зæ- ронд лæг, Олениныл худгæйæ. — Уый дæр афтæ фæ- уæд, фæлæ аназынмæ та куыд дæ? — Сæнимæ лымæн нæ дæ? — Цæй тыххæй нæ, аназын дæр уарзын. — Е—е, куыд дæм кæсын, афтæмæй сахъ лæг цы- дæр дæ. — Æз æмæ ды цыма стыр лымæнтæ уыдзы- стæм, афтæ мæм зыны, — загъта лæг. — Мидæмæ рацу, — загъта Оленин.— Фæйнæ сæны дæр аназдзыстæм. — Мидæмæ дæр цы кæны, хорз у, — загътазæронд лæг. — Кæрчытæ апс дæхицæн. Зяэроад лæджы цæсгомыл бæрæг уыд, юнкер йæ зæрдæмæ кæй бацыд, уый. Цы бамбарын æй хъуыд, юнкермæ йын лæвар баназын амал кæй уы-д, уый. -æмæ йын уымæ гæсгæ æнæзивæгдæрæй дыууæ карчы балæвар кодта. Иукъорд минуты фæстæ дуарæй æрбазынд Ерош- кæ. Оленин æрмæст ныр равзæрста уыцы лæгæн йæ мызыхъ, стæвдтæ арæзт, тыхджын уæнгты æвæрд. йæ тарбын сырх цæсгом, бæзджын урс-урсид зачъетимæ, ставд æнцъылдтæй дзаг уыд, зæронд æмæ тыхджын фæллойгæнæг адæймаджы бæрæггæнæнтæ: къухтæ, къæхтæ æмæ уæхсчыты хæцъæфтæ, лæппу адæймагæн куыд вæййынц, афтæ дзаг æмæ хъæддых уыдысты. Йæ сæрыл, ныллæг æлвыд сæрыхъуынты бынæй зынды- сты дынджыр арф ностæ. Ставд нуарджын бæрзæй, раст мидæг хорæй хаст галы бæрзæйы хуызæн, чы- рынтæ-чырынтæ æнцъылдтæ уыд, æнæласт, дыууæр- дæм конд хуымы хуызæн. Мызгъуыр къухтæ хæлд æмæ цъæррæмыгъдтæ уыдьгсты. Зæронд лæг цырд æмæ аив бахызт къæсæрыл, йæ топп йе ’фцæгæй систл, къуымы йæ æрæвæрдта, уыцы иу фæкастæй хæдзарьт дзауматыл йæ цæст ахаста æмæ базыдта, чн циу, уый, æмæ къогъодзиты мидæг йæ зылын къæхтæй, фæл- мæн санчъехтæ гæнгæ, уаты астæумæ бацыд. Йемæ уатмæ бахаста сæн, арахъ, топпыхос æмæ ахст ту- джы æмхæццæ, тыхджын, æвзæр смаг. Ерошкæ дзуæрттæн бакуывта, йæ рихитæ адаудта, 215
Оленинмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæм йæ сау ставд къух бадаргъ кодта. — Кошкильды! — загъта уый.—Уый тæтæйрагау афтæ у: æнæниз у, фарн уе’хсæны. — Кошкильды! Æмбарын æй, æмбарын, — загъга Оленин, йæ къух дæттгæйæ. — Ницы æмбарыс, пæ зоныс, æгъдæуттæ! Æдылы дæ, — загъта Ерошкæ, уайдзæфгæнæгау йæсæр тилгæ- нæ. — Афтæ дын куы загъдæуа — Кошкильды, уæд ын- иу зæгъ: ала рази бо сун, ома хуыцауы хорзæх дæ уæд. Афтæ, мæ фыд, афтæ, уый йеттæмæ кошкильды зæ- гъын, æгъдауы нæ цæуы. Æз дæ, хуыцауы фæндонæй, бнрæ цæуылдæрты сахуыр кæндзынæн. Ам нæм иу цард, Илья Мосеич, зæгъгæ, сымахæй уыд уый дæр, уырыссаг, мемæ тынг хæлар уыд. Лæгæй дæр ахæм никуы уыд, æвæдза, раст зæгъын хъæуы, car, лæджы- хъæдджын адæймаг; расыггæнаг, хуыснæг, цуанон; хуымæтæджы цуанон дæр нæ, фæлæ хорз, хорз, иттæг хорз! Æз æй алцæуыл дæр сахуыр кодтоп. — Мæн та уæд цæуыл сахуыр кæндзынæ, — афар- ста йæ Оленин; куыдфæстæмæ йæм тынгæй-тынгдæр йæ зæрдæ æхсайын байдыдта. — Цуаны дæ акæндзынæн, кæсаг ахсын дын баца- мондзынæн. Цæцæйнæгты дын фенын кæндзынæн, удыгага дæ куы бахъæуа, уæд дын æй æрбахæццæ кæндзынæн. Æз, мæ хур, ахæм лæджы мыккаг дæн, цы мæ хоныс уæдæ. Хъазаг дæн, æцæг!—Æмæ зæ- ронд лæг ныххудт! — Цæй æмæ сбадон, мс скæнæг, фæллад дæн. Карга? — фæзмæгау загъта зæронд лæг. — Карга та цы хоныс? — афарста йæ Оленин. — Уый гуырдзиагау у — хорз. Æз афтæ фæдзурык, уарзон ныхас мын у. Карга, карга куы дзурон, уæд уый зон, æмæ хъазгæ кæнын. Уыдæттæ иууылдæр хорз, ме скæнæг, фæлæ дæм аназинагæй æппын ницы ис? Салдат кусæг дын нæй? Æцæг, æцæг? Ивап! — зæгъгæ, фæхъæр кодта зæронд лæг. — Сымахмæ алы салдат дæр Ивап хуыйны. Дæууон дæр Иван уы- дзæн, æвæццæгæн? — О, мæнæн дæр Ивап хуыйны. Ванюшæ! Марадз- ма, мæ хур, хæдзары хицауæй сæн рахæсс. — Иван æмæ Ванюшæ иу сты, хъауджыдæр сæ- 216
нæй. Цымæ уæм цæмæн афтæ у, иууылдæр кæд стут Ивантæ. Иван!— зæгъгæ фæхъæр кодта зæронд лæг.— Æвнæлд боцкъайæ ракур. Адон сæнæй хуыздæр æгас хъæуы мидæг дæр нæй. Хъусыс, æхсæз суарийæ фыл- дæр ведрайы æстæймаг хайæн ма ратт, кæннод уыцы кæлæнгæнæг цы нæ бакæндзæн, æууæнк ыл нæй... Max адæмы цы хонут, цъаммар сты, æдылы адæм, — дзырдта Ерошкæ хицон, зæрдæргом æгъдауæй, Ва- нюшæ æттæмæ куы рацыд, уæд. — Уыдоп цæсты адæ- мыл нымад дæр не стут. Уастæн тæтæйраг куы загъ- дæуы! Уыдонæй дæр уæ фыддæр хонынц. Æлгъагыл уæ нымайынц. Мæнырдыгонау та, кæд салдат у, уæд- дæр адæймаг у, уæдæ циу, уый дæр хуыцау скодта, уымæн дæр уд ис. Раст нæ зæгъын? Илья Мосеич салдат уыд, фæлæ ахæм адæймаг кæм уыд—зæл, сыгъзæр’ин. Афтæ нæу, ме скæнæг? Мæнмæ гæды сох-мох митæ нæй, раст фæдзурын кæдда^риддæр, уарзгæ дæр мæ уый тыххæй нæ кæнынц. Фæлæ сæ хъуыды дæр нæ кæнын, мæнæн хъауджыдæр нæу. Æз хъæлдзæг адæймаг дæн, æппæты дæр уарзын. Æз Ерошкæ дæн, Ерошкæ! Афтæ, ме скæнæг, афтæ. Æмæ зæронд лæг буцдæрæн лæпгту-лæджы уæхск æрхоста. XII Ванюшæ уый агъоммæ хæдзарады хъуыддæгтæ бакодта, бафснайдта, йæхи адаста дасæгмæ, йæ хæ- лафы къæхтæ цырыхъыты хъусты æтте дæлæмæ æр- уагъта, салдæттæ уæрæх, парахат фатерты кæй æр- цардысты, уый дымæгмæ, æмæ иттæг зæрдæхъæл- дзæг уыд. Ерошкæмæ æдзынæгæй, фæлæ æвзæр цæстæнгасæй бакаст, цыма æнахуыр, æнæфенгæ хъæддаг сырд уыд, уый хуызæн, æмæ уайдзæфгæнæ- гау йæ сæр батылдта, пъолтæ кæй счъизи кодта, уый тыххæй. Тъахтины бынæй дыууæ авджы райста æмæ хæдзары хицауы ’рдæм ацыд. — Уæ бонтæ хорз, мæ уарзон адæм,—мæлгъæвза- гæй байдыдта дзурын Ванюшæ. Ацы хатт йæхи са- 217
быр æмæ уæзданæй равдисын фæнд скодта.—Барин сæн æлхæны æмæ ма базивæг кæнут, раттут мын сæн, мæ хуртæ. Зæронд ус æм ницы сдзырдта. Чызг гыццыл тæ- тæйраг айдæны раз лæууыд æмæ кæлмæрзæн йæ сæ- рыл куыд аивдæр бæттдзæн, ууыл архайдта. Ваню- шæмæ, æнæ дзургæйæ, фæстæмæ фæкаст. — Æз уын æхца бафиддзынæн, цытджын адæм,— загъта Ванюшæ, йæ дзыппы сау æхцатæй дзæгъдзæгъ гæигæ. Сымах нын дзæбæх куы уат, уæд уын мах дæр дзæбæх уыдзыстæм æмæ афтæ хъæуы, афтæ хуыздæр у,—бафтыдта ма Ванюшæ. — Бирæ дæ хъæуы?—æнæ уæлдай гæды митæй афарста зæронд ус. — Дыууæ авджы. — Цу, цард дын феста мæ уд, æрфæрсудз сын, — загъта зæронд ус Улитæ, чызгмæ дзургæйæ. — Æв- нæлд боцкъайæ сын æркæ. Чызг дæгъæлтæ æмæ графин райста æмæ Ваню- шæимæ хæдзарæй рацыд: — Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын, чи у уæртæ уыцы сылгоймаг? — афарста Оленин зæронд лæджы, æмæ Марьянкæйы ацамыдта. Марьянкæ уыцы сахат ру- дзынджы бынты фæцæйцыд. Зæронд лæг йæ цæст фæныкъуылдта æмæ лæппу- лæджы йæ рæмбыныкъæдзæй басхуыста. — Фæлæу, сабыр у, — загъта зæронд æмæ рудзын- гæй æттæмæ йæ сæр радардта. — Къыхы-къыхы! — зæгъгæ, охуыфыд зæронд лæг. — Марьянкæ! Уæ, Ма- рьянкæ! Бауарз мæ, мæ чысыл хур. Æз хъазын уар- зын, — сусæгæй загъта зæронд лæг, Оленинмæ дзур- гæйæ. Чызг æй хъуыды дæр не ’ркодта, æмæ йæ цыды кой кодта, йæ къухтæ тыхджын æмæ аив тилгæйæ, хъазахъаг чызджытæ куыд хъал æмæ рæвдз цыд фæ- кæнынц, уыцы цыдæй. Æрмæст йæ сатæг-сау цæсты- тæ сабыргай зæрондыл ахаста. — Бауарз мæ æмæ амондджын уыдзынæ,— ахъæр та кодта Ерошкæ æмæ, йæ цæст ныкъулгæйæ, фæр- сæгау Оленинмæ бакаст. — Цы мæ хоныс, æз сахъ лæг дæн, сахъ лæг худæг, бафтыдта ма уый. — Цы 218
дзы загъдæуа, — паддзахы чызг, цыбыр ныхасæй! Аф- тæ нæу? Цы зæгъыс? — Рæсугъдæй йæм дау иæй, — загъта Оленин. — Ардæм ма йæм æрбасид. — Нæ, уый гæнæн нæй, — загъта зæронд лæг — Лукашкæйæн æй курынц. Лука car хъазахъаг у, ай- фыццаг æрæджы абырæджы дæр амардта. Уый циу, æз дын хуыздæр дæр ма ссардзынæн. Ахæм дын ссардзынæн, æмæ айдагъ даритæ æмæ æвзисты мидæг чи цæуа. Æз, йæ дзырд дыууæ чи акæна, уыдонæй нæ дæн. Иугæр мæ дзыхæй ныхас схауд, уæд кæй уыдзæн, уый зон. Мæйтæ æмæ хуртæ кæмæй кæсой, ахæм рæсугъд дын æрбамидæг кæндзынæн. — Зæронд лæг куы дæ, ахæм ныхæстæ цæмæн кæ- ныс, — загъта Оленин. — Тæригъæд у, афтæ ма дзур! — Тæригъæд? Уый та цы хоныс? Цæй тæригъæд! -- цæхкæр загъта зæронд лæг. — Рæсугъд чызгмæ бакæ- сын тæригъæд у? йем,æ рæстæг арвитын тæригъæд у? Кæннод бауарзын тæригъæд у? Уый кæд сымахмæ афтæ у? Нæ, ме окæнæг, уый тæригъæд нæу, фæлæ удыбæстæ у, царды хос у. Дæу дæр хуыцау сфæлды- ста, чызджы дæр хуыцау сфæлдыста. Иууылдæр уый уыд, уый, нæ кæмæг хуыцау. Афтæ, мæхур, афтæ, рæ- сугъд чызгмæ кæсын тæригъæд нæу. Цæмæй йæ уар- зæм æмæ йыл цæмæй цин кæнæм, уый тыххæй конд у... Æз иу лæгæй афтæ хъуыды кæнын, хорз лæг. Марьянæ кæртыл ауад, иу талынг, уазал, боцкъа- тæй дзаг къæбицы смидæг, йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ бакуывта, боцкъамæ бацыд æмæ дзы гоцъоби ауагъта. Ванюшæ къæсæрыл лæууыд, касти йæм æмæ йæ мид- былты худти. Стыр худæг æм каст, чызг айдагъ хæ- доны мидæг кæй уыд; ноджы худæгдæр та — йæ фæч- чи йæ сины сагъд, йæ хъуырыл æвзист сомырдджытæ конд кæй уыд, уый. Йæхи нымæры ахъуыды кодта, цæвиттон, чызг уыцы хуызы мидæг Уæрæсейы сæхимæ фестад, уæд адæм худæгæй тъæппытæ ахаудаиккой. «Ла филь ком се тре бьех бæззы. Афтæ мын æнæ зæгъгæ нæй баринæн», — ахъуыды кодта хи нымæры Ванюшæ. 1 Диссаг, хорз чызг у, æвæдза (францусагау). 219
— Пыр цы ныхъен дæ? Сагъдæй куы баззадтæ! — æнæ’нхъæлгæйæ æваст фæхъæр кодта чызг. — Графии уæдд-æр æрбалæвæрдтаис. Марьянкæ графин сырх сæпæй байдзаг кодта æмæ йæ Ванюшæмæ балæвæрдта. — Æхца мæ мадмæ ратт, — æмæ Вапюшæйы къух æхцатимæ иуæрдæм акъуырдта. Ванюшæ бахудти. — Цæмæн афтæ мæстыгæр дæ, мæ хуры чысыл?— загъта Ванюшæ куы йæ иу, куы йе’ннæ къахыл йæ буары уæз уадзгæйæ, чызг боцкъайы сæр куы æмбæрз- та, уæд. Чызг бахудти. — Æмæ сымах фæлмæнзæрдæ адæм стут? — Æз æмæ мæ барин сабыр, хорз адæм стæм, — зæрдæбынæй загъта Ванюшæ. — Max афтæ зæрдæхæ- лар адæм стæм, æмæ кæмдæриддæр цардыстæм, хъаст пæ никуы-ма ничи ракодта, никæй хæрамы бацыды- стæм, иууылдæр нын арфæгæнæг уыдысты. Цæмæн афтæ уыд, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уымæн, æмæ уæздан лæг у. Чызг фæлæууыд æмæ хъуыста. — Уæд йед та, ус ын ис дæ панæн? — афарста чызг. — Нæй! Мæ барин нырмалæппу у, ус ын нæма ис. Уый уымæп, æмæ стыр уæздан адæм, се’гъдаумæ гæс- гæ, ус æрæгмæ курынц, — дзуапп ын радта Ванюшæ, зопд амонæгау. — Кæмдæр дзы лæппу ис, мидæг хорæй хаст къам- бецæй уæлдай нæу, ус курын та, дам, ын раджы ма у! Æфсæдтæн сеппæты хицау у? — Мæ барин ныр ма юнкер у, уый уымæ цæуы, æмæ афицер нæма у. Фæлæ, æнæуый, ном æмæ мык- кагæй инæларæй дæр хисдæр у. Стыр лæг у. Нæ бул- къон уый цур циу? Ницы. Паддзах æй йæхæдæг дæр зоны, — сæрыстырæй, йæ сины сæртыл хæцгæйæ загъ- та Ванюшæ. — Max иннæтыл ма бар, кæйдæрты хуы- зæн гæвзыкк не стæм. Йæ фыд йæхæдæг сенатор у. Мин зæгъон,æмæ йын бирæ фылдæр кусджытæ ис, ма- .хæн дæр æхца мингай æрвиты. Уæдæ нæ цæмæн уар- зьтнц, зæгъыс? Уымæн ææ уарзынц кæддæриддæр, уы- 220
мæн. Уый йеттæмæ капитан дæр фест, дæ дзыппы куы ницы уа, уæд. Цæмæн у, цы пайда у? — Цæй, дæхи айс, дуар æхкæнгæ кæнын, — цæх- кæр ын йæ ныхас фæлыг кодта чызг. — Вапюшæ сæн бахаста æмæ Оленинæн францу- сагау загъта: ла филь се тре жули1 æмæ æдылы худт гæнгæйæ æттæмæ рацьтд. XIII Уыцы афон хъæуы астæу лæгъзы изæры цагъд иыккодтой. Адæм сæ быдыры куыстæй æрбаздæхты- сты. Хъомвос æмбырдтæ кодтой сыгъзæринхуыз рыг æврагъы мидæг æмæ кулдуæртты цур сæ уасын ссыд. Чызджытæ æмæ устытæ ратæх-батæх кодтой уынгты мæ кæртыты, фосы кой гæнгæйæ. Хур аныгуылд дард митджып æфцæджы фæстæ. Tap цæхæрадæтты сæрмæ стъалытæ зына-нæзына дыдзы рухс кодтой, æмæ хъæ- уы мидæг фос æмæ адæмы уынæр чысылгай æрсабыр. Устытæй, йæ фос чи бафснайдта, уыдон уынгты фи- сынтæм цыдысты æмæ, æхсынæнтæ къæрццытæ гæнгæ, сæ бæрæгон бынæтты, хæдзæртты къулты тæрхæгтыл бадтысты. Иу ахæм къордмæ, йæ дыууæ хъуджы æмæ йæ камбец куы радыгъта, уæд Марьянкæ дæр бацыд. Уыцы къорды уыд иу цалдæр усы æмæ чызджы, æмæ иу зæронд хъазахъаг. Абырæджы марды хабар кодтоп. Хъазахъаг уац- хъуыд хаста, устытæ хъуыстой. — Стыр хæрзиуæг ын раттдзысты, æвæццæгæп?— дзырдта хъазахъаг ус. — Æнæ уый та уæдæ куыд? Дзурынц, крест ын рацæудзæп, зæгъгæ. — Мосев дæр дзы йæхирдæм фелхъывта, йæ зæр- дæхудты бацыд. Топп йæхирдыгæй фæкодта, фæлæ йын цыма нæ батад. Хъызлары хицæуттæ йæ ба- зыдтой. — йæ цæсгомæн мын тæрсы Мосев; цъаммардæр лæгæн скæнæн дæр ма нæй. 1 Тынг рæсугъд чызг у (францусагау). 221
— Афтæ куы дзырдтой, Лукашкæ æрбацыди, зæгъ- гæ, — загъта чызджытæй иу. — Назаркæимæ Ямкæмæ «уазынц. Ведрайы æр- дæг, дам, анызтой. (Ямкæ хæтаг сылгоймаг уыд æмæ мрахъ уæй кодта). — Урванæн йæ амонд абадти, — загъта чи- дæр.—Æцæг Урван у, æцæг. Раст зæгъын хъæуьт, хорзæй та ма дзы цы загъдæуа, дау æм нæй, car лæп- пу у! Раст адæймаг. Щæ фыд Кирьякы цæрмæстыгъд бакодта; уый дæр афтæ уыд. Куы йæ амардтой, уæд адæм ууыл цы ныккодтой! Æгас хъæу æм кæугæйæ фæцыдысты. Уæртæ, цыма, уыдон æрбацæуынц,— загъта, ныхас чи кодта, уыцы ус æмæ къухæй ацамыд- та, чи сæм æрбацæйцыд уынджы, уыцы хъазахъы ’рдæм. — Ергушов дæр йæхи кæм нæ фæтъысдзæн, кæцæн т.а сæм бахæццæ! Расыггæнаг! Лукашкæ, Назаркæ æмæ Ергушов ведрайы æрдæг банызтой æмæ чызджыты ’рдæм сæхи райстой. Се ’ртæ дæр, уæлдайдæр та зæронд хъазахъаг, се’цæг хуызæй сырхдæр уыдысты. Ергушов фыдрасыгæй гакъæттæ кодта æмæ хъæрæй худгæйæ, Назаркæйы фæрстæ бас- хой-басхой кодта. — Цы уыл æрцыд, цæуылнæ зарут, гадзатæ? — фæ- хъæр кодта Ергушов чызджытыл. — Æз уын зæгъын, мах хæлдзæгдзинады тыххæй уæддæр азарут. — Алы бон æгас цæут! Æгас цæут, —■ фехъуысты- сты алырдыгæй арфæтæ. — Цæуыл хъуамæ зарæм? Бæрæгбон, мийаг, куы нæ у? — загъта иу ус. — Ды дзы ныххырхтай æмæ цæуылнæ зарай. Ергушов ныккæлкæл кодта æмæ Назаркæйы бас- хуыста. — Цæй ды азар! Æз дын бахъырндзынæн, нæ зопын æнхъæл мын ма у, æз дын зæгъын, дæсны дæн. — Цыма уыл фæуарыди, уый каст куы кæнут, рæсугъдтæ! Фынæй баистут? — загъта Назаркæ. — Постæй ардæм акувынмæ æрбауадыстæм. Мæнæ Лу- кашкæйæн акуывтам. Лукашкæ æмбырдмæ бацыд, сабыргай йæ худ систа æмæ чызджыты комкоммæ сæ разы æрлæууыд. Иæ фæтæн уадултæ æмæ йæ бæрзæй сырх уыдысты. 222
Лукашкæ лæууыд æмæ сабыргай дзуаппæи дзырдта. Фæлæ уыцы сабырдзинад, уыцы хиуыл хæцгæ змæлд зæрдæмæдзæугæ дæр æмæ рæсугъддæр уыдысты На- заркæйы тентек, рог митæй æмæ дзæнгæда цæгъды- нæй. Хъал хастуырс, хъил дымæгæй, фыррыччытæ гæн- гæ куы атæхы æмæ цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау æвиппайды куы ныллæууы, раст гъе уый зæрдыл лæу- уын кодта ацы сахат Лукашкæ дæр. Лукашкæ сабыр лæууыд чызджыты уæлхъус æмæ сæм худæндзастæй каст; дзырдта стæммæ æмæ-иу куы йæ нозтджын æм- бæлттыл, куы та чызджытыл йæ цæст ахаста.Марьян- кæныхасмæ куы ’рбахæццæ, уæдынЛукашкæ сабыр- гай, аивæй йæ худ систа, фæндаг ын радта, йæ иу къах чысыл фæстæдæр айста æмæ фæстæмæ йæ бынаты йæ комкоммæ слæууыд, æмæ, йæ хисдæр æнгуылдзтæ йæ роны тъыстæй, афтæмæй йæ хъамайæ хъазыд. Марьянкæ йын йæ саламмæ йæ сæрæй сабыргай акуывта, къулы æнцой тæрхæгыл йæ бæрæгоп быиа- ты æрбадт æмæ йæ ронæй æхсынæнтæ систа. Лукаш- кæ Марьянкæйы йæ цæстытæ ныссагъта æмæ, æхсы- нæнтæ æхсынгæйæ, тутæ кодта. Марьянкæ куы æрба- цыд, уæд сеппæт дæр сæ ныхас фæурæдтой. — Кæдæй-уæдæй ма дæ федтам. Кæдмæ фæуы- дзынæ ам? — афарста иу хъазахъаг ус Лукашкæйы. — Ардыгæй райсоммæ,—дзуапп ын радта уый. — Мæ хуры чысыл акæ, — загъта зæронд хъаза- хъаг Лукашкæйæн, — æхсызгон мын у дæ хъуыддаг, ныртæккæ ма дæ кой кодтон. —■ Æз дæр афтæ зæгъын, — баппæрста йæ ныхас Ергушов дæр худгæйæ. — Уазджытæй бæстæ бан- дзаг! —бафтыдта ма уый, чи фæцæйцыд, уыцы сал- дæттæм кæсгæйæ. — Цы сын уарзын салдæттæн, уый сæ арахъ; хорз у! — Махмæ дæр дзы æртæ удхæссæджы æрбакод- той. Нæ зæронд хъæуы хицаумæ хъæстмæ дæр ма бацыд, фæлæ æндæр амал нæй, зæгъгæ йын загътой. — А-а, зындзинадбамбæрстой?—загъта Ергушов. — Тамакойы смагæй бæстæ фесæфтаиккой, æвæц- цæгæн? — афаста устытæй чидæр. — Æтте нæрты, дæ зæрдæ цас зæгъы, уый бæрц дым, фæлæ мидæмæ хæдзармæ æрбауадзæн нæй. Æниу хъæуы хицау йæхæ- 223
дæг куы æрбацæуид! Ноджы сæ къухтæ дæр кæй нæ лæууынц, мард æрцыд уый у. Хъæуы хицау йæхи гуылы бын æндзарын хорз зоны — йæхимæ никæйы бауагъта. Дæлзæхдзæуæг у, цы йæ хонут! — Нæ уарзыс! — загъта та Ергушов. — Куыд дзурынц, афтæмæй, чызджытæ салдæт- тæн сæ хуыссæнтæ кæндзысты æмæ сæ мыдджын сæ- нæй хорз уындзысты, — загъта Назаркæ, æмæ Лу- кашкæйы хуызæн йæ къах фæстæдæр айста, æмæ уыйау йæ худ къæбутыл акодта. Ергушовыл худæг бахæцыд æмæ йæм хæстæгдæр цы чызг лæууыд, уый йæ хъæбысы акодта. — Стæ-ма дæхи, писи! — сцъæхахст кодта чызг. — Фæлæу, æз дыл де’фсины куы нæ сардауон. — Цæмæй мæ тæрсын кæны! Зæгъ, чи нæ дæ уа- дзы, — загъта Ергушов æмæ иннæ чызджыты кæрæ- дзи фæдыл, æнæ мих цухæй хъæбыстæ кæнын бай- дыдта. — Мæнæ ци, мæ арт бауазал, удхæссæг! — худæ- гæй мæлгæйæ, суасыд сырхуадул, тымбылдзæсгом Устенькæ æмæ йæ къух, ныццæвын æввонг, дард фæ- хаста. Хъазахъаг йæхи фæстæмæ айста æмæ, чысыл-ма бахъæуа, фæцæйхауд. — Чызджытæм, дам, хъару нæй фæзæгъынц; уæ- дæ уый циу, фæцæй мæ мардта. — Дæхи айс, писи. Кæцæй фæци, кæ, хæйрæджы хай!—загъта Устенькæ, пыррыччытæ гæнгæйæ, æмæ йæхи фæтигъ кодта.—Абырæджы æрбацыд нæ ба- зыдтай, бафынæй дæ! Уый дын дæ сæр, хъæлæкк, акъуырдтаид, æмæ æвæдза, хуыздæр уыдаид. — Дæ цæссыгтæ та уагътаис! — бахудти Назаркæ. — О, мæхи дыл мардтаин, æндæр мæт мæ нæй! — Хъарджытæ та кодтаид, нæ? Æццæй, Назар- кæ? — загъта Ергушов. Лукашкæ æнæ дзургæйæ æдзух æдзынæгæй Ма- рьянкæмæ каст. Чызг уымæй чысыл æфсæрмы кодта. — Марьянкæ, æнхъæлдæн, æмæ уæм хицауы æр- дæрын кодтой? — загъта Лукашкæ æмæ йæм йæхи хæстæгдæр баласта. Марьянкæ, кæддæриддæр куыд кодта, афтæ ныр 224
дæр, уайтагъд дзуапп нæ радта, фæлæ сындæггайуæ- лæмæ хъазахъагмæ скаст. Лукашкæ дæр æм худæн- дзастæй каст. Уыцы сахат се ’хсæн цы ныхæстæ цыд, уыдон дард уыдысты, сæ зæрдæйы хуылфы цы фæн- донтæ уыд, уыдонмæ. — Дыууæ уаты кæмæн ис, уыдонæн та циу! — Марьянкæйы бæсты йæхи радавта иу ус.—Уæрта^ Фомушкинтæм дæр хицауы æрцæрын кодтой æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй уаты дзаумайæ фездыхсæн нал ис, сæхи бипонтæ та сæ сæр кæм фæтъыссой, уымæн ницыуал зонынц. Искуы ма уый æрцыд, æгас рæгъау хъæумæ æрбаскъæр! Фæлæ цы бачындæуа! — загъта та уыцы ус.—Æниу цæмæн хъæуынц, цы мп кæндзысты? Емынæ сыл сыста уастæн! — Цыма Теркыл хид араздзысты, афтæ дзырд- той, — загъта иу чызг. — Мæнæн та афтæ дзырдæуыд,—загъта Назаркæ, Устенькæмæ йæхи хæстæгдæр ласгæйæ, — цыма уæрм къахдзысты æмæ чызджыты уырдæм æппардзысты, лæппуты кæй нæ уарзынц, уый тыххæй, — æмæ чыз- джытæм худæг чи фæкаст, ахæм æнахуыр зылд нык- кодта. Ергушов Марьянкæйы рад фæуагъта æмæ иу зæронд хъазахъаг усы хъæбыстæ кæнын систа. — Марьянкæйы цæуылнæ кæныс дæ хъæбысы? Мих цухæй ницы, фæлæ уыцы иудадзыг, кæрæдзи фæдыл, — загъта Назаркæ. — Нæ, мæ зæронд адджындæр у, — хъæр кодта хъазахъаг, зæронд усæн батæ гæнгæйæ. Зæронд ус, мæгуыр, мæ сæр ма дзы куы фервæзид, зæгъгæ, йæхи ратоныныл архайдта. — Ныххурх мæ кæндзæн, — худти уый. Уынгæн йæ иу кæроны ’рдыгæй æмхуызон къах- дзæфты хъæр сып сæ худын фæурæдта. Æртæ сал- даты цинелты мидæг, топпытæ сæ уæхсчытыл, афтæ- мæй, сæ къæхтæ æмист гæнгæйæ, цыдысты æхцайы чырын хъахъæнджыты аивынмæ. Ефрейтор, крест- джын, талынг æрфыгæй хъазахъмæ кæсгæйæ, сал- дæтты йæ фæдыл афтæ акодта, æмæ Лукашкæйы На- заркæимæ иуварс алæууын хъуыд, фæндаг раттыны тыххæй. Назаркæ фæстæдæр йæхи айста, фæлæ Лу- кашкæ салдæтты ’рдæм йæ сæр æмæ йæ фæтæнуæхс- 15 Л. Н. Толстой. 225
чытæ разылдта, цъынддзастæй оæм бакаст, фаалæ йæ мидбынатæй нæ фезмæлд, — куыд лæууыд, афтæ- мæй баззад. — Фæндаг уæрæх куы у, уыныс адæм лæууынц, уæд азил, — загъта Лукашкæ æмæ салдæттæм зул- цæстæй бакаст. Салдæттæ сæ рæзты ацыдысты, рыгæйдзаг фæн- дагыл, сæ къухтæ æмхуызон, æмист гæнгæйæ. Марьянæ бахудти; -бахудтысты йæ фæстæ иннæ чызджытæ дæр, — Кæсут-ма сæм, хуымæтæг сты, дæлвæд-уæлвæд даргъ фæччиджын сауджынтæ, — загъта Назаркæ салдæттæй æмæ сын сæ цыд уынджы афæзмыдта. Уый адæммæ цы худæг фæкаст, æмæ сеппæтæн дæр худæгæй ницыуал уыд. Лукашкæ чысылгай Марьянæмæ йæхи хæстæг- дæр баласта. — Хицауы та кæм æрцæрын кодтат? — афар- ста уый. Чызг исдуг ницы загъта. — Ног хæдзармæ йæ бауагътам, — загъта чызг. — Зæронд у æви лæппу-лæг у? — афарста та Лу- кашкæ æмæ йæ цуры хæстæг æрбадт. — Æмæ йæ фæрсгæ исты, мийаг, бакодтон, — дзуапп ын радта чызг. — Сæнмæ йын ацыдтæн, фед- тон æй Ерошкæимæ рудзынджы цур бадгæ, сырх цы- дæр у. Дзаума дуне æрбаластой, уæрдон йæ тæккæ дзагæй. Æмæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта. — Цы æхсызгон мын у, постæй рацæуыны фадат мын кæй фæци!—загъта Лукашкæ, чызгмæ йæхи но- джыдæр хæстæгдæр ласгæйæ æмæ йын йæ дыууæ цæстмæ æдзьшæг кæсгæйæ. — Бирæ фæуыдзынæ ам? — афарста йæ Марья- нæ, зына-нæзына йæ мидбылты худгæйæ. — Ардыгæй райсоммæ. Де’хсынæнтæй ма мæнæн дæр авæр, — загъта Лукашкæ æмæ йæм йæ къух ба- даргъ кодта. Марьянæ йæ мидбылты æргомдæр ба- худт æмæ йæ хæдоны тæрттæй иу байгом кодта. — Сегшæт ма сис, — загъта чызг. — Мæ зæрдæ дæумæ æхсайдта; рагæй дæ кæй 225
нал федтон, уый тыххæй хъыг кодтон, æцæг зæгъып, хуыцау ме’вдисæн, — загъта Лука сабыргай, чызджы ронæй æхсынæнтæ исгæйæ. Чызгмæ хæстæг йæ сæр æруагъта æмæ йын йæ хъусы сусæгæй цыдæртæ дзурын байдыдта, худæндзастæй кæсгæйæ. — Дæ гæндзæхтæ куы ацæгъдай, уæддæр нæ ба- цæудзынæн дын куы загътон, — æвиппайды хъæрæн сдзырдта Марьянæ, йæхи тигъ гæнгæйæ. — Æцæг, æцæг... Цыдæр дын зæгъинаг уыд- гæн,— суоæгæй загъта Лукашкæ, — мæ мард феп. куы нæ æрбацæуай. Марья’нæ, «нæ» зæгъгæ, йæ сæр батылдта, фæлст худти. — Марьянкæ! Уæ, Марьянкæ! Нана дæм дзуры, æхсæвæр хæрынмæ, дам, рацу, — æрбахъæр кодта, згъоргæ-згъорын Марьянæйæн йæ гыццыл æфсымæр. — Ныртæккæ фæцæуын, — загъта чызг, — ды уал цæугæ: азгъор, мæ хур, иунæгæй, æз дæр дæ фей- йафын. Лукашкæ сыстад æмæ йæ худ фелвæста. — Цон æмæ мæ хæдзармæ афардæг уон. Афтæ цы- ма хуыздæр уыдзæн, уыйау мæм кæсы, — загъта Лу- кашкæ, йæ худæг уромгæйæ æмæ цыма зæрдиагæй дзырдта, уый хуызæн; йæхæдæг хæдзары фисыны ау- уон фæци. Æхсæв хъæуы мидæг дæр йе’гъдау кодта æмæ æрмæйдар. Цæхæрцæст стъалытæ талынг арвыл тæ- мæнтæ калдтой. Талынг уыигты иу цъиу змæлæг нал уыд. Назаркæ, къулы тæрхæгыл бадгæйæ, чызджыти- мæ баззад, æмæ уырдыгæй сæ худыны хъæр хъуыс- тис. Лукашкæ сабыргай чызджытæй йæхи раласта, фæгуыбыр кодта æмæ йæ къæхты хъæр куыд нæ хъуыстаид, афтæ уынджы дæлæмæ атахти, йæ хъама- йыл хæцгæйæ, сæхимæ нæ, фæлæ хæрунжæйы хæдза- ры’рдæм. Дыууæ уынджы фæстæ иу чысыл цæхкæрмæ уынджы фæзылд, йæ цухъайы фæччитæ æрбамбырд- тæ кодта æмæ кауы аууон зæххы дзуццæджы абадт. «Хæрунжæйы чызгмæ нæ кæсыс, хуымæтæг у! —- ахъуыды кодта йæхи нымæры Марьянкæйы тыххæй.— Хъазын дæр йæ сæрмæ нæ хæссы! Фæлæу, фендзы- стæм!» 227
Хæстæгæй сылгоймаджы къахдзæфты хъæр ын йæ зæрдæ бахъæлдзæг кодта. Æнувыдæй хъусын бай- дыдта æмæ хи нымæры бахудтис. Марьянæ, зæхмæ кæсгæйæ, рог æмхуызон санчъехтæ гæнгæ, комкоммæ Лукашкæйы ’рдæм æрбацæйцыд, уисы къалиуæй ка- уы михтæ къæрццытæ гæнгæ. Лукашкæ йæ мидбына- ты фестад. Марьянкæ фестъæлфыд æмæ æваст фæ- лæууыд. — Мæ хæдзарыл, мæнæ хæйрæджджын! мæ уд мæ къæхты бынæй ауад. Уæхимæ цæуинаг куы уыдтæ, уæд дыл цы ’рбамбæлд, — загъта чызг æмæ йæ хъæ- лæсы дзаг ныххудти. Лукашкæ йæ иу къухæй чызджы йæ хъæбысы æрбакодта, иннæ къух ын йæ цæсгомыл æрба- тыхта. — Цы дын зæгъынмæ хъавыдтæн... хуыцауæн йæ- хи стæн? —йæ хъæл-æс зырзыр кодта æмæ дзургæ-дзу- рын къуылымпы кодта. — Цæй ныхасаг ссардтай ныр æхсæвыгон. Напа мæм æнхъæлмæ кæсы, цу уæртæ дæ уарзонмæ афар- дæг у. Чызг йæхп атыдта æмæ иукъорд къахдзæфы алыгъд. Сæ кæрты каумæ куы бахæццæ, уæд фæлæу- уыд æмæ лæппумæ йе’ргом фездæхта. Лæппу чызджы нæхицæй цух нал уагъта æмæ йын лæгъстæ кодта, пу сахат ма аныхæстæ кæнæм, зæгъгæ. — Цæй, цæй, цы зæгъынмæ хъавыдтæ, æхсæвхæ- тæг? — æмæ та йæм бахудти. — Худгæ мыл ма кæ, Марьянæ, мæ хур! Уарзон мын кæй ис, уый койаг дæр нæу. Уый мæтæй дын мæлын, мур дæр мæ ницæмæн хъæуы! Æрмæст мын ды мæ зæрдæ барухс кæн, дзæбæх ныхас мын зæгъ; афтæ дæ уарздзынæн, афтæ, æмæ дын æй куыд зæ- гъон: дæу цæрайæ цæрдзынæн, дæу цы фæнда, уый йеттæмæ ницы бакæндзынæн. Мæнæ сты, уый зон! (Æм.æ лæппу йæ дзыппы æхцатæ бадзæгъдзæгъ код- та). Ныр цæрын базондзыстæм. Адæм цардæй хын- джылæг кæнынц, уæд æз цы кодтон, мæгуыр мæ бон? Æппын мын мæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæ- цæй уадзыс, Марьянкæ! Чызг æм ницы дзырдта, йæ разы æнцад лæууыд 228
æмæ йе ’нгуылдзты ’хсæн уисы къалиу лыстæг къ^з- цæлтæ кодта. — Уый циу, æдзух æнхъæлмæ æмæ æнхъæлмæ кæс! Кæд ма дæ æз нæ уарзын, уæд нæ зонын! Дæ бар дæн, æмæ дæ цы фæнды, уый мын кæн, —загъта æвиппайды Лука мæстыйæ, йе ’рфгуыты бынæй кæс- гæйæ, æмæ йын йæ дыууæ къухыл ныххæцыд. Марьянæ йæ цæсгомы æмæ йæ хъæлæсы хатт наз аивта, уыцы иу æгъдауыл æнцад йæхи дардта. — Дæхицæй, цы нæ дæ, уый ма кæ, Лукашкæ, фæ- лæ ма ныхасмæ байхъус, — загъта чызг, йæ къухтæ хъазахъаджы къухты ’хсæн даргæйæ, фæлæ йæ йæ- хицæй дарддæр алæууын кодта. — Æз сылгоймаг дæн, фæлæ мæм уæддæр байхъус. Мæ бар мæхи нæу, фæлæ мæ кæд уарзыс, уæд дып ме’цæгæй зæгъын. Мæ къухтæ мын суадз, ма тæрс, никæдæм алидздзы- нæн. Комгæ дын бакæндзынæн, фæлæ уымæй дард- дæр, исты æвзæрдзинад, æдылы митæ дæ фæсонæр- хæджы, дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæнт, уый никуы уыдзæн, — загъта чызг йæ цæсгом лæппуйы ’рдæм здæхтæй. — Комгæ мын кæй бакæндзынæ, уый æгъ- гъæд нæу, фæлæ мæ уарзгæ бакæ, уарзгæ, Марьянкæ, мæ хур,—дзырдта Лука æмæ æвиппайды тарæрфыг, æнтъыснæг Лукашкæ сабыр, коммæгæсаг æмæ зæр- дæхæлд буц адæймаг фестад, æмæ мидбылты худгæ- нæ, гæды фиумæ куыд кæса, уый каст кодта чызджы цæстытæм. Марьянæ йæм æнгом балæууыд æмæ йын йæ был- тæн æндæрг аба кодта. — Мæ чысыл хур!—сусæг хъæлæсæй загъта чызг æмæ йæ фæд-фæдыл иукъорд хатты йæ хъæбысы акодта, стæй æвиппайды йæхи атыдта, алыгъд æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст — сæ кулдуары мидæгæй фæци. Хъазахъаг ма йын бæргæ лæгъста* кодта, иу минут ма мæм фæлæу, цыдæр дын зæгъон, зæгъгæ, фæлæ йын Марьянæ ком нал радта, афардæг. — Цæугæ! Фендзысты нæ! — фæдзырдта ма йæм чызг. — Кæсыс, уыцы хæйрæджы хай, нæ фатеры цæ- рæг, æнхъæлдæн æмæ кæрты рацу-бацу кæпы. 229
«Хæрунжæйы чызг, фæткъуы у! — ахъуыды кодта >и нымæры Лукашкæ. — Бакомдзынæн, дам, дын. Ба- комын диссаг нæу, фæлæ мæ уарзгæ бакæ, уарзгæ». Лукашкæ Назаркæйы Ямкæмæ баййæфта æмæ уыимæ иучысыл абадтысты, нуазгæ дæр акодтой, уæ- дæ цы, стæй Лукашкæ уырдыгæй Дуняшкæмæ ацыд, æмæ, æндæр ног хæзгултæ кæй скодта, уымæ дæр ын нал æркаст, фæлæ йе ’хсæв уым арвыста. XIV Оленин æцæг рацу-бацу кодта кæрты, Марьянкæ кулдуарьтл куы бахьгзт, уæд, æмæ афтæ куы загъта: «уæртæ уыцы хæйрæг, нæ фатеры цæрæг рацу-бацу кæны». Æнæхъæн изæр Олении Ерошкæимæ арвыста йæ ног фатеры тыргъы. Уатæй æттæмæ фынг, сама- вар, сæн, судзгæ сойын цырагъ рахæссын кодта æмæ уым, дай цымгæйæ æмæ сигар дымгæйæ, зæронд лæ- джы хабæрттæм хъуыста. Зæронд лæг йæ цуры бынæй асины къæхтыл сбадт æмæ афтæмæй ныхас кодта. Дымгæ бон нæ уыд, фæлæ уæддæр цырагъы цы- рен фæйлауæнтæ кодта алырдæм, æмæ-иу, куы аси- ны цæджындз, куы фынг, куы авджын дзауматæ, куы та-иу зæронд лæджы урс сæр срухс кодта. Æхсæвцæ- рæг гæлæбутæ ратæх-батæх кодтой сæ базырты рыг калгæйæ, æм«æ-иу кæм фынгыл сæхи ныццавтой, кæм- иу агуывзæйы смидæг сты, кæм цырагъы цыреныл сæхи асæрфтой æмæ-иу фæаууон сты тар уæлдæфы, цырагъы рухс кæдæм нæ хæццæ кодта, уым. Оленин æмæ Ерошкæ дыууæйæ фондз авджы сæн анызтой. Ерошкæ-иу агуывзæйы сæн æркодта æмæ, Оленинмæ сидгæйæ, æггпынæдзух, æвæлмæцгæйæ дзырдта. Ерош- кæ йын хъазахъы зæронд царды хабæрттæ кодта, стæй йæ бæзæрхыг, домбай фыды кой дæр ракодта, дæс путы чи ласта, ахæм хъæддаг хуыйы мард, йс ’ккой куыд хаста æмæ уыцы иу æрбадтæн дыууæ вед- райы сæн куыд нозта. Радзырдта йын йæхи æмæ йæ лымæн Гирчычы хабæрттæ, адæмыл емынæ куы сыс- тад, уæд-иу уыдон та Терчы фаллаг фарсæй ацы фарсмæ нымæттæ куыд ластой. Раныхас ын кодта, иу 230
райсом цуаны дыууæ саджы куыд амардта. Радзырд- та йын йæ уарзон хæзгулы хабар дæр, æхсæвыгон- иу æм йæхи къахæй постмæ куыд цыди. Ерошкæ йын уыцы хабæрттæ, куыд уадзымыс лæг, афтæ дæсны, афтæ рæсугъд дзырдта, æмæ Оленин, рæстæг куыд аивгъуыдта, уый нæ базыдта. — Афтæ, ме скæнæг, афтæ, — дзырдта Ерошкæ, — нæ мæ зыдтай, мæ рæстæг куы уыди, уæд, æз дын, хъæ- лæкк, бирæ цыдæртæ фенын кодтаин. Ныр та ма циу Ерошкæ?! Ныр сын Ерошкæ дурын стæрæг сси, уый йеттæма^ йæ рæстæджы Ерошкæ цы уыд, уый лæппу- тæ зыдтой, хъæлæкк, æгас полчъы Ерошкæйæ лæгдæр нæ уыд, йæ ном дæрдтыл хъуыст. Кæмæ уыд бæхты хуыздæр? Чи дардта гурдайы1 конд кард? Кæмæ-иу цыдысты баназынмæ æмæ рæстæг арвитыпмæ? Кæй æрвыстой хохмæ Ахмæтханы марынмæ? Æрмæст Ерошкæйы. Уæдæ сын Ерошкæйы йеттæмæ никуы ницы уыд. Кæй уарзтой чызджытæ? Ерошкæйы. Уымæн æмæ лæг уыд, car лæг, барæг, расыггæнаг, хуыснæг, хохæй- пуæгасбæхы рæгъæуттæ тардтон; зарынмæта — æниу исчи хæйрæг куы фестадаид, мæнимæ ничирахъазыда- ид. Иу цыбыр ныхасæй, чердæм мæ фездæхтаис, кар- дæй уæлдай нæ уыдтæн. Ныр та цæй хъазахъаг ис? Нал ис хъазахъаг, нал. Сæ бакастæй дæр зæрдæ мæ- гуыр кæны. Зæххæй уæлæмæ нæ зындзæн (Ерошкæ къухæй зæххæй адлийы, бæрц ацамыдта) мæлдзыджы хуызæн, афтæмæй цырыхъытæ ссæрфы æмæ йæхимæ куынæг нæ кæсы, цинæй сыл мæлы. Кæннод нырра- сыг уыдзæн. Æмæ баназыи дæр лæджы хуызæн нæ зонынц, фæлæ куыддæр, куыд зонай, афтæ. Фæлæ æз чи уыдтæн, уый зоныс? Æз Ерошкæ уыдтæн, мæ хæлар, Ерошкæ, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæй сласгæтæй. Хъазахъы хъæуты мæ афтæ нæ зыдтой, хохы мæ куыд зыдтой. Æлдæрттæ фысыммæ мæнмæ цыдысты. Æз алкæимæ дæр цæрын зыдтон, сеппæти- мæ дæр лымæн уыдтæн: тæтæйрагимæ — тæтæйраг, сомихагимæ — сомихаг, салдæттимæ— салдат, афицз- римæ — афицер. Мæнæн сæ хъаджыдæр нæ уыд, æр- 1 Гурдайы конд æхсаргæрдтæ æмæ хъаматей хуыздæр Кав- казы нæ уыд. 231
мæст расыггæнаг уæд, уый йеттæмæ. Кæимæ цæ- рыс, уыдонæй дæхи ссыгъдæг кæн, зæгъгæ, мып дзырдтой: салдатимæ, дам, ма нуаз, тæтæйрагимæ ма хæр. — Чи дын дзырдта афтæ? — афарста йæ Оленин. — Чи куы зæгъай, уæд нæ динамонджытæ. Молло кæнæ тæтæры кадимæ ма байхъус. Уыдон афтæ фæ- зæгъынц: «Сымах раст дингæнджытæ не стут, джау- уыртæ стут, хуыйы фыд цæмæн хæрут?» Алкæмæ дæр йæхи æгъдау хорз кæсй. Æз та афтæ зæгъын, æмæ сæ хъаджыдæр нæй. Сеппæты дæр хуыцау скодта, адæймаджы зæрдæрухсдзинады тыххæй. Цæй тæри- гъæд æмæ цæй æндæр. Сырдтæм ма бакæс, уыдон махæй дæсныдæр сты. Уыдон тæтæйраг хъамылы дæр цæрынц, махоны дæр цæрынц. Кæм ыл бахсæв уа, уым йæ хæдзар. Цæуыл фембæла, уый æвдæрзы, лыстæ- гæй сæ не ’взары. Махонтæ та афтæ дзурынц: уыдæт- ты тыххæй мæрдты тебæтæ стæрдзыстæм. Мæммæ гæсгæ та уыдæттæ иууылдæр гæдыдзинадыл арæзт сты, — загъта Ерошкæ æмæ фæхъус. — Гæдыдзинад та цы хоныс? — бафарста йæ Оленин. — Мæнæ динамонджытæ кæй дзурынц, уый. Max- Mae, Червлёнæйы, иу булкъон мæ лымæн уыд. Кæм уыд ахæм car лæг, мæнæ мæ хуызæн. Цæцæны фæ- мард, мæгуыр. Афтæ дзураг-ну уыд: динамоиджытæ мысгæ кæнынц сæхи сæрæй. Куы ныммæлай, уæд дæ уæлмæрдыл кæрдæг æрзайдзæн, -æндæр ницы, ууыл хъуыддаг ахицæн уыдзæн, — зæронд лæг ныххудти. Æхсарджын, car лæг уыди, æвæдза. — Цал азы дыл цæудзæн? — афарста Оленин. — Æмæ сын чи цы зоны. Иудæс æмæ æртиссæдз мыл цæудзæн, зæгъгæ, зæгъын. Мæнæ сымахмæ ус наддзах куы уыд, уæд чысыл нал уыдтæн, лæг уыд- тæн. Гъе пыр банымай, цас мыл цæудзæн, уый. Дæс æмæ æртиссæдзы мыл цæудзæн? — Ай-гъай, цæудзæн дыл, афтæмæй ма сæрæн дæ. — Цæуылнæ уон, хуыцауæй разы, æнæниз дæп, хъыгдарæг мæ нæй. Æрмæст мæ мæ хæйрæг æфснн бадомдта, мæ тæригъæд æй баййафа, мæ цард мын фехæлдта. 232
— Куыд уый та? — Афтæ, фехæлдта. — Куы амæлай, уæд кæрдæг æрзайдзæн, и? — йэе ныхас ын ракодта Оленин. — Æмæ уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? Баназ-ма, цæй, дæ хорз зонд дзы, мийаг, куы нæ сафдзынæ, — фæ- хъæр кодта Ерошкæ, Оленинмæ сæны нуазæн дæттгæйæ. XV — Цæй тыххæй дзырдтон, ферох мæ ис, сымахы- стæн! — байдыдта та Ерошкæ хъуыды гæнгæйæ.—Уæ- дæ æз ахæм лæджы мыккаг дæн, мæ хур, ахæм! Æз цуанон дæн, цуанон. Мæ хуызæн цуанон æгас полчъы дæр нæй. Æз дын алы сырд, алы маргъ ссардзынæн æмæ фенын кæндзынæн. Кæм цы ис, уыдон иууыл- дæр зонын, æнæ скæрст ран мын нал баззад. Мæнмæ куыдз дæр ис, дыууæ топпы, кæсагахсæн хыз, кобыл- кæ, уари, — алцы дæр мæм ис хуыцауы фæрцы. Кæд æцæг цуанон дæ æмæ дæхицæй не ’ппæлыс, уæд дын æз цыдæриддæр фенын кæндзынæн. Æз ахæм адæй- маг дæн! Иугæр мæ цæст сырды фæд æрцахста, уæд мын амонын нал хъæуы, зонын, цавæр сырд у, уый; зонын, кæм æрхуысдзæн, дон кæм нуаздзæн, кæм сæв- дулдзæн, кæм ратул-батул кæндзæн, уыдæттæ мын хъуыдыгонд сты иууылдæр. Мæхицæн бадæн саразын бæласыл, кæнæ æндæр искуы æмæ бадын æхсæв, хъа- хъæнын. Уæдæ хæдзары бад, уый цы пайда у! Ныр- расыг уыдзынæ æмæ ма исты тæригъæды бацæудзы- нæ. Кæнæ устытæ æрбацæудзысты æмæ сын нæ зоныс сæ сусу-бусу ныхæстæ, кæнæ лæппуты хъæр æмæ ахст; ныммæстджынтæ ма уыдзæн лæг. Фæлтау изæр- рухсæй афардæг у, дæхицæн дзæбæх бынат равзар, хъамыл дæ быны æрыссæнд, сбад æмæ, уыцы бадгæ- йæ, æнхъæлмæ кæс. Хъæды цыдæриддæр æрцæуа, уый æмбарыс, уымæн æмæ йын зоныс йе ’гъдæуттæ. Арвмæ окæс æтæ стъалытæм гæсгæ зоныс, бонвæрнон- мæ ма цас ис, уый. Дæ алфæмблай акæс, æмæ хъæд змæлы, сырсыр кæны æмæ æнхъæлмæ кæсыс, ныр- тæккæ къæрцц фæцæудзæн, æмæ нæл хуы æрбацæу- 233
дзæн йæхи æвдулынмæ. Хъусыс лæппын цæргæсты цъист-цъист, сæ фæдыл уасджыты уасын, кæнæ хъаз- ты хъæр хъæуы мидæг. Хъазтæ æмбисæхсæвы онг фæхъæр кæнынц, афтæ у се’гъдау. Уыдæттæ иууыл- дæр зонын, амонын мын сæ нæ хъæуы. На уый нæй искуы дард топпы хъæр фæцыд, æмæ зæрдæ алыр- дæм адзуры. Ахъуыды кæныс: уый чи фехстаид цы- мæ? Кæд, мийаг, хъазахъаг, мæнæ мæнау, сырдмæ бабадт, æмæ йæ кæд нæ амардта, фæлæ йæ æрмæст æрдæгдзæф фæкодта, — уæд афардæг уыдзæн, мæ- гуыртæг, хъамылы ,мидæг, дзæгъæлы туг калгæйæ. Нæ уарзын! Уымæй æвзæрдæр мæм ницы кæсы! Цæ- мæн фæсахъат кодта сырды уыцы æдылы, ард йæ хæдзары бацæуа! Кæннод хи нымæры ахъуыды кæ- ныс: «Кæд цæцæйнаг абырæг æвзонг æдылы лæппу хъазахъаджы амардта». Уьгдæттæ йеттимæ зæрдææнæ адзургæ кæм вæййы. Уæд, дын, иу хатт доны был бадын; кæсын æмæ, дын, уæлæ дон иу авдæн раласы. Бынтон æнæхъæн, æрмæст йæ иу кæрон саст. Уый та кæй уа цымæ? Мæхи нымæры ахъуыды кодтон: æвæц- цæгæн та уыцы хицауæн æлгъыстытæ, сымах салдæт- тæ, цæцæнæй уацайрæгтæ, устыты рахастой, сывæл- лоны иу цъаммар амардтаид: йæ къæхтыл ын фæхæ- цыдаид æмæ йæ къулыл ныффæртт ластаид. Афтæ ома нæ бакæндзысты, зæгъыс? Дурзæрдæ, æнахъинон адæм сты, цы сæ хоныс, цы нæ бакæндзысты, ахæм сын нæй! Уыцы хъуыдытæ мæ сæры абадтысты æмæ мæ зæрдæ суынгæг, срыст, æмæ йын тæригъæд кæ- нын байдыдтон. Хъуыды кодтон: авдæн аппæрстой, усы ахастой, хæдзар басыгътой, фæлæ сахъ лæппу топп райста æмæ ацы фарсмæ, махырдæм стæры ра- цыд. Афт.æм.æй бадыс æмæ æдзух хъуыдытæ кæныс. Куыддæр бамбарай, рухсы æрдонг æрбабырсы, афтæ мидæгæй зæрдæ скафы. У, мардзæ фестыйнæгтæ, ацы- рдæм, ацырдæм! Æрмæст тæрсыс: уыцы фыдæбоны смаг бамбæрстой, уæд сыл дæ цæст дæр нал фæхæц- дзæн. Бадыс, змæлыны мыккаг нæй, зæрдæ мидæгæй: гуыпп-гуыпп! гуыпп!—лæджы афтæ хæрдмæ æппары. А-уалдзæджы иу стыр æрдонгæрбацыд, йæсауæндæрг фæзынд. «Фыд æмæ фырты...» — зæгъгæ, сæм топп фæцарæзтон. Гъе ныр фехсон, зæгъгæ, афтæ, мад чи 234
у, уый уыцы иу хуыррытт фæкодта йæ хъыбылтыл: «Туг ныл æруарыд, сывæллæттæ, уæртæ лæг бады!» — æмæ цæсты фæныкъуылдмæ къудзиты ’хсæн къæрц- цытæ гæнгæ, фæцыдæр сты. Мæ хæсгæ мардыл, гъе, зæгъгæ, загътон, мæ иу цонг хауд куы уыдаид, æмæ уæ æрмæст иу къæппмæ куы æрыййæфтаин! Афтæ йæ дæндагæй бахордтаин фырмæстæй дзæргъы. — Æмæ дзæргъ куыд æгъдауæй загъта йæ хъы- былтæы, уæртæ лæг бады, зæгъгæ? — афарста йæ Оленин. — Уæдæ ды куыд æнхъæл уыдтæ? Афтæ æнхъæлд- гай, æмæ аадылы у сырд? Уый дæ фæсонæрхæджы дæр ма уæд; лæгæй æмбаргæдæр у, йæ ном хуы кæй хуыйны, уымæ йын ма кæс. Æмбаргæ алцы дæр кæ- ны. Дзырдæн зæгъæм: адæймаг сырды фæд феныæмæ ницы бамбары, фæлæ дын хуы дæ фæд куы ссара, уæд фæфутт кæны æмæ атымыгъ ласы, йæхи бафсна- йы. Уый уымæ цæуы, æмæ йæм зонд ис: ды дæхи емаг не ’мбарыс, уый дын æй æмбары. Ды йæ марын- мæ хъавыс, уый та хъæды удæгасæй хæтын фæнды. Дæумæ ахæм æгъдау ис, уымæ та æндæр æгъдау. Уый хуы у, фæлæ уæддæр дæуæй фыддæр нæу. Уый дæр хуыцау куы скодта. Е-уæу-уæй, уæу-уæй! Æдылы куы у адæймаг, æдылы; хæрз æдылы, — загъта зæ- ронд лæг иукъорд хатты уыцы ныхас, йæ сæр дæлæ- мæ æруагъта æмæ хъуыдытыл фæци. Оленин дæр сагъæсы бацыд, тыргъæй дæлæмæ æрхызт, йæ къухтæ йæ фæсонтыл сæвæрдта æмæ æнæ дзургæйæ кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кæнын бай- дыдта. Ерошкæ куы æрномыл, уæд йæ сæр фæхъил код- та æмæ æдзынæг кæсын байдыдта, цырагъы сæрмæ ратæх-батæх чи кодта æмæ цыреныл йæхн чи цавта, уыцы æхсæвцæрæг гæлæбутæм. — Æдылы къоппа! Æдылы къоппа! — дзырдта Ерошкæ. — Кæдæм тæхыс, кæд де сæфт не’рцыд, уæд. Мæнæ фæлхæрстытæ!—Ерошкæ сыстад æмæ йæ къухы ставд æнгуылдзтæй гæлæбуты сурын байдыдта, куы басудзой, уый тæссæй. — Басудздзынæ, фæлхæрст, мæнæ ацырдæм ратæх; бынат дзы чысыл куы нæ ис, —дзырдта Ерошкæ 235
фæлмæн рæвдауæн хъæлæсæй æмæ сæ æнæ бахъыг- даргæйæ арæхстгаи йе ставд æнгуылдзтæй ахста сæ базыртæй, стæй-иу сæ суагъта. — Дæхæдæг дæхи са- фыс, æз та ма дын тæригъæд кæнын. Ерошкæ бирæ фæбадт, йæхи нымæры цыдæртæ дыгъал-дыгъул гæнгæ, æмæ авджы хъуырæй нозта. Оленин та кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Æвип- пайды йæ хъусыл æрцыд, цыма кулдуары æтте чи- дæртæ сусæгæй ныхас кодтой, уыйау, æмæ дисы ба- цыд. Йæ улæфт æвæндонæй фæурæдта æмæ йæм дзæ- бæх фехъуыст сылгоймаджы худын, лæджы хъæлæс æмæ æндæрг байы уынæр. Барæй, йæ къæхтæй кæр- дæджытыл сæрсæр гæнгæ, кæртæн йæ иу кæронæй иннæмæ ацыд. Чысыл фæстæдæр къæрццытæ фæцыд. Хъазахъаг, тарбын цухъа æмæ урс уæлдзарм худы мидæг, каурæбынтьг сивгъуыдта, бæрзонд сылгоймаг та урс кæлмæрзæны мидæг Оленины фæрсты æрба- селф ласта. «Мæн демæ, дæу та мемæ ницы хъуыддаг ис», — цыма йын Марьянæйы ныфсджын цыды ахаст афтæ загъта, уыйау æм фæзынд. Оленин хæдзары къæсæры онг чызджы фæстæ уыцы кæсгæйæ баззад, стæй мидæгæй хæдзары йæ кæлмæрзæн йæ сæрæй куыд систа æмæ тъахтиныл куыд æрбадт, уый дæр ма йæ цæст ацахаста. Оленин æвиппайды æрæнкъард, сагъæсы æмæ мæты бацыд; йæ зæрдæ байдзаг, дзæ- бæх кæй нæ ахста, фæлæ суын æнхъæл кæмæн уыд, ахæм зæрдæвæндон хъуыдытæй æмæ хæлæгдзи- нæдтæй Рухс никæцæйуал цыд. Хъæу æрсабыр, иу уынæр никæцæйуал хъуыст. Каутæ уæд, кæрты мидæг зына* нæзына урс чи дардта, уыцы хъомвос уæд, хæдзæрт- гы оæртæ, рæхснæг хъал гæды бæлæстæ уæд — сеппæт дæр цыма тарф, æнæниз, куыствæллад фыны мидæг уыдысты, афтæ зынд. Æрмæст ма цъыфдзастæй хæф- сыты æнæбанцайгæ зæланггæна^ уасын дардмæ хъуыстис. Хурыскæсæнырдыгæй стъалытæ мынæг гæнгæ цыдысты æмæ цыма сæууон рухсы тадысты, уый хуызæн зынд. Комкоммæ арвæн йæ бæрæг астæу арфдæр æмæ арæхдæр уыдысты. Зæронд лæгыл хуыс- сæг тыхджын кæнын байдыдта, йæ сæр, йæ быцæу æмæ æвæрд къухтыл æруагъта æмæ арæдзæ-мæдзæ 236
кодта. Уынгæн йæ фаллаг фарсæй уасджыты уасын фехъуыст. Лæппу-фæсивæды зарæг йæ хъусыл æр- цыд. Оленин каумæ йæхи хæстæг баласта æмæ зæр- диагæй хъусын байдыдта. Лæппу-адæм хъæлдзæг за- рæг кодтой æмæ дзы иуы хъæлæс бæлвырд бæрæгдæр хъуыст. — Чи зары, уый зоныс? — загъта зæронд лæг, куы æрыхъал, уæд. — Уый сахъ Лакушкæ у. Айфыц- цаг цæцæйнаджы дæр куы амардта. Ныр цин кæны. Фæлæ дзы цы циндзинад ис, уый æз не ’мбарын. Æдылы у, мæгуыр йæ бон, æдылы! — Ды дæр искуы лæг амардтай? — афарста йæ Оленин. Зæронд лæг йæ рæмбынкъæдзтæй йæхи систа æмæ Оленины цæсгоммæ йæхи бахæстæг кодта. — Хуырым! — фæхъæр ыл кодта зæронд лæг.— Цæмæй мæ фæрсы? Исчи ма ахæм ныхæстæ кæны! Дæхи æмбойны æрбайсафдзынæ, уый зон. Де ’хсæв дæхи фæндиаг, ме скæнæг, нозтджын, хæрдджын, хъæстаг ницæмæй дæн, — загъта зæронд лæг, стгæ- стын. — Райсом цуаны цæудзыстæм? Уæд æрбацæуон. — Æрбацу. — Хъусыс, раджы-иу сыст. Афойнадыл куы нæ сыстай, уæд ивар бафыстай, уый зон. — Ма мын тæрс уымæй, дæуæй фæраздæр уы- дзынæн, — загъта Оленин. Зæронд лæг рацыд. Зарын никæцæйуал хъуыст. Къæхты хъæр æмæ хъæлдзæг ныхас йæ хъусыл æр- цыд. Иу цъусдуг рацыдаид, афтæ та дардæй зарыи ссыд, æмæ Ерошкæйы тыхджын хъæлæс бафтыд фыццаг хъæлæстыл. «Адон цавæр адæмы мыккаг сты æмæ чердыгон цард у сæ цард!» — ахъуыды код- та Оленин, дæлиауæй ныуулæфыд æмæ иунæгæй йæ уатмæ бацыд. XVI Ерошкæ царди зыбыты иунæгæй. Уый уыд, пад- дзахады куыстæй бынтондæр чи схицæн, ахæм хъа- захъаг; йæ ус ссæдз азы размæ чырыстон дин райста, стæй кæйдæр фæдыл алыгъд æмæ иу уырыссаг фельд- 237
фебел мой скодта. Зæнæг ын пæ уыд. Зæронд заманы йæ рæстæджы æгас хъæуы мидæг уый хуызæи car лæг нæ уыд, фæлæ йæхи кой гæнгæйæ, уыцы æгъда- уæй æппæлаг нæ уыд. Йæ рагон сагдзинады тыххæй æнæхъæи полчъы мидæг номдзыд уыд æмæ йæ уый адыл æнæ зонгæ ничи уыд. Иу æмæ дыууæ нæ, фæлæ къорд удгоймаджы тæригъæды бацыд цæцæнæй дæр æмæ уырысæй дæр. Стæры хохмæ цыд, фæлæ уыры- сыл дæр нæ ауæрста: давта сын сæ фос æмæ дыууæ хатты ахæстоны дæр ныддаудта. Йæ царды бонтæ фылдæр æрвыста цуаны, хъæды мидæг. Бон-сауизæр- мæ-иу хъæды афтид дзулы къæбæры æвджид баззад æмæ-иу доны йеттæмæ йæ дзыхмæ ницы схастаид. Фæлæ-иу хъæумæ бафтгæйæ нозтыл фæци, бафсис ын нæ уыд æмæ-иу бон изæрмæ гъæйтт кодта. Олени- нæй сæхимæ куы æрцыд, уæд иу-дыууæ сахаты афы- нæй, стæй сæударæй фехъал æмæ йæ хуыссæны ми- дæг йæ ног зонгæйы тыххæй хъуыдытæ кодта. Оле- нин йæ зæрдæмæ тынг бацыд, сæрыстыр, зынæрвæс- сон кæй нæ уыд, уый адыл (сæн арæхæй кæй лæ- вæрдта, уымæн æм афтæ фæзынд). Йæхи нымæры дис кодта, ацы уырыс æнæзынæрвæссон æмæ хъæз- дыг цæмæн сты, стæй цæмæн афтæ у цымæ, сеппæт дæр ахуыргонд уæвгæйæ, æмбаргæ ницы кæныпц. Уыдæттæ-йеттыл хъуыдыгæнгæйæ, Оленинæй ты рато- нон, цы рафæлгъауон, уыимæ йæ зæрдæ дзырдта. Хъазахъы устытæ, сæ ахуырмæ гæсгæ, сыгъдæгдзи- нады кой тынг кодтой; Ерошкæйы уат та тынг æнæ- фснайд æмæ чъизи уыд, дзауматæ алы ран дæрæн- хæрæнæй лæууыдысты. Стъолы уæлæ лæууыдысты тугæйдзаг куырæт æмæ дзулы æрдæг, сæ фарсмæ — лæгуын, æрдæгхæрд дзæгъындзæджы мард, йæ уари- йы холы. Тъахтиныл пырхæй лæууыдысты æрчъиаг къогъодзитæ, топп, хъама, хызын, хуылыдз дзауматæ æмæ пысултæ йеттæ. Хæдзары къуымы тъæпæнæджы, смаггæнаг доны мидæг, удæстысты æндæр æрчъиаг къогъодзитæ. Зæххы, фæйнæгбын уаты, лæууыдысты кæсагахсæн хыз æмæ цалдæр хъæддаг карчы марды. Стъолмæ æввахс, йæ иу къахæй баст, хъæддаг карк рацу-бацу кодта æмæ, цыдæртæ уидзгæйæ, йæ бырын- къæй фæйнæджытæ къуыртт-къуыртт кодта. Уазал 238
пецы хуылфы, саст хъæдын къусы мидæг, цыдæр æх- сырхуыз тæнæггъæд уыд. Пецы сæр цъиусур бадт æмæ, цъиу-цъиу гæнгæ, йæ синаг атоныныл æвзæрс- та; йæ цуры пецы къулы былыл бадт лæгуын уари æмæ-иу зулаив хъæддаг каркмæ бакаст, кæнæ-иу ра- хнзварсырдæм йæ къубал къæлæтау сыздыхта. Ерош- кæ йæхæдæг къул æмæ пецы ’хсæн йæ цыбыр сын- тæгыл уæлгоммæ хуыссыд афтид хæдоны мидæг æмæ, йæ къæхтæ хæрдмæ пецыл æвæрдæй, афтæмæй йæ ставд æнгуылдзтæй йæ мызгъуыр къухты хæлмæгтæ къахта. Уарийы йæ къухыл æнæ æрмкъухæй хаста æмæ йын сæ уый уый адыл ныцъцъæррæмыгъдтæ код- та. Уаты мидæг, уæлдайдæр зæронд лæгæн йæхимæ ’ввахс, уæлдæфы ахъардта, чи никуы дзы цух кодта, ахæм тыхджын, фæлæ куыддæр æвзæр æмхæццæ смаг. — Бынаты дæ, нæхион? — фехъуыст рудзынгæй цъæхснаг хъæлæсы хъæр. Ерошкæйæн цы базонын хъуыд, хъæлæсмæ гæсгæ, йæ сыхаг Лукайы. — Мæнæ дæн, мæнæ! Мидæмæ рацу! — рахъæр кодта мидæгæй зæронд. — Кæцæй фæдæ сæумæдæв- дæгæй? Постмæ цæуын сфæнд кодтай, æвæццæгæн? Уари фæпæррæст ласта, йæ базыртæ сцагъта æмæ йæ бæттæн аивæзтытæ кодта. Зæронд лæг Лукашкæйы хъулон уарзт кодта; лæп- пу-фæсивæдæй æрмæст иунæг уымæ каст дзæбæх цæстæй. Лукашкæ æмæ йæ мад, куыд сыхæгтæ, дзæ- бæх уыдысты Ерошкæйæн, йæ бахъуаджы сахат-иу æм æнæ фæкæсгæ нæ лæууыдысты, цæмæй хъуагуыд, уымæй, æмæ йын-иу кæм сæн, кæм хъаймагъ барвы- стой. Ерошкæ йæ царды мидæг кæддæриддæр йæзæр- дæйы фæдыл цыд æмæ уымæ гæсгæ алцæмæ дæр пайдайы цæстæй каст. «Æмæ цы? цæрæг адæм сты, зæгъгæ-иу дзырдта йæхи нымæры Ерошкæ. — Æз сын кæм карк, кæм æндæр исты авæрын, уыдон дæр мæ, гæды ныхас, нæ рох кæнынц; куы гуыл, куы сойыл- вых мын æрбарвитынц хаттæй-хатт». — Алы бон æгас цу, Марка! Æхсызгон мын у дæ уынд, — æмæ Ерошкæ, лæппу-лæгау цырд йæ къæх- тæ зæхмæ æрæппæрста, фæтæррæст ласта, иу-дыууæ къахдзæфы фæйнæгбын уаты акодта, йæ зылынкъæх- 239
тæм æркаст æмæ йæм худæг смидæг; йæ бæгъæввад зæвæттæй дыууæ къуырды æркодта æмæ æнахуыр зылд ныккодта. — Куыд дæм кæсын, мæ льшæн, и? — афарста Лукайы, йæ гыццыл цæстытæй æрттивгæйæ. Лукашкæ йæ мидбылты бахудт. — Постмæ цæуын уы- наффæ дæм ис, æвæццæгæн? — афарста зæронд. — Мæнæ дын иу чысыл сæн æрбахастон; айфыц- цаг дын посты зæрдæ куы бавæрдтон. — Уæ, Чырыстийы .арфæ дыл сæмбæла! — загъта зæронд лæг æмæ зæххæй, къæхты бын чи лæууыд, уыцы халат æмæ куырæт систа, йæ уæлæ сæ акодта, рон æрбабаста йæ астæуыл, саст къусæй йæ къухтыл дон æркодта, зæронд хæлафыл сæ асæрфта, сæрва- сæны састæй йæ зачъетæ адаудта æмæ Лукайы раз алæууыд.—Æз цæттæ дæн! —загъта Ерошкæ. Лукашкæ куыси райста, йæ къухтæй йæ асæрфта, сæнæй йæ байдзаг кодта, бандоныл æрбадт æмæ нуа- зæн Ерошкæмæ бахаста. — Цæй, дæ цæрæнбон мын б,ирæ уæд! — загъта зæронд лæг æмæ цыма стыр хъуыддаджы бацыд, уый ист ракодта нуазæн. — Дæ зæрдæ цыдæриддæр зæ- гъы, уый дæ къухы бафтæд, car лæг у, крест ба^кус! Лукашкæ дæр акуывта, сæнæй ацахуыста æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Зæронд лæг йæ бынатæй сыс- тад. Хус кæсаг æрбахаста, дуары къæсæрыл æй æрæ- вæрдта, лæдзæгæй йæ æрхоста фæлмæндæры тыххæй, йæ1 мызгъуыр хæлмаджджын къухтæй йæ йæ иунæг цъæх тæбæгъы æрæвæрдта æмæ йæ стъолмæ бахаста. — Хъуаг ницæмæй дæн, алцы дæр мæм ис, цы ацаходæм, уый дæр, хуыцауы фæрцы, — загъта зæ- ронд лæг, йæхиуыл чи фервæссыд, ахæм стыр сæр, хъал дзырд гæнæг лæджы æгъдауæй.—Мосевимæ та цы бадæ? — афарста йæ зæронд. Лукашкæ радзырдта, урядник ын йæ топп куыд байста, уый, æвæццæгæн æй ракъахынмæ хъавыд, кæддæра зæронд лæг цы зæгъид, зæгъгæ. — Топпыл дæ къух æриуигъ, суæлдай йæ кæн, — загъта зæронд лæг, — топп куы нæ раттай — хæрзи- уæг нæ райсдзынæ. — Цæй хæрзиуæг раттдзысты лæппу-лæгæн, пад* 240
дзахы службæйы чи нæма бацыд, уымæн. Топпæй та ахæм никуы уыд, хъыримаг, аст туманы аргъ. — Ныккуыйты йæ уадз, дæ фыдыстæн. Æз дæр ма афтæ фæерыс дæн ницæй тыххæй сотникимæ — кæд мын куырдта мæ бæх. Æри, дам, дæ бæх æмæ дæ афицермæ бавдисдзы,нæн. Æз ын уæддæр нæ радтон æмæ ницæмæй баззадтæн. — Мард æрцыд у, бæх æлхæиын мæ кæй хъæуы; куыд дзурынц, афтæмæй донæн фаллаг фарс бæх фондз туманæй асламдæр кæсынмæ дæр ничи рап- дзæн. Мæ мад нырма сæп дæр пæма ауæй кодта. — Æ-уæу-уæй йе! уæдæ уыдæттæ мах хъуыды дæр иæ кодтам, — загъта зæронд лæг.—Æз дæ карæи куы уыдтæн,уæд Ногъайæ æнæхъæн рæгъæуттæтард- тон æмæ-иу Терчы фале бæх арахъы авгыл, кæнæ пымæтыл æрбауæй кодтон. — Афтæ аслам сæ цæмæн лæвæрдтай? — Æдылы куы дæ, Лука, æдылы! — загъта, был- счъилтæ гæнгæйæ, зæронд лæг. — Нæ уыд æндæр амал: хуыснæг лæгыл мæрддзæст нæ фидауы, давгæ дæр уымæн кæны. Сымах, æвæццæгæн, бæхрæгъæуттæ, куыд тæрынц, уый уæ цæстæй дæр никуы федтаиккат. Цы ныхъус дæ, мæ лымæн? — Æмæ цы зæгъон, уæдæ? æвæццæгæн, сымах хуызæн адæм пе стæм. — Куы дын амардаин, — ницы æмбарут, мæгуыр уæ бон, ницы! Сымах хуызæн адæм, дам, не стæм, — загъта зæронд лæг, лæппу хъазахъаджы фæзмгæ- йæ. —Дæ карæнæй æз ахæм хъазахъаг пæ уыдтæн. — Уæдæ цы бачындæуа? — афарста Лукашкæ. Зæронд лæг, былысчъилтæ гæнгæ, йæ сæр баи- къуыста. — Ерошкæ, мæ хæлар, парахат лæг уьтд, уый зон; фæстæмæ ницæуыл хæцыд, ницæуыл ауæрста. Æгас цæцæны мыккаг мемæ хæлар уымæн уыдысты. Мæ лымæнтæй мæм-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу æй ара- хъæй хорз федтон, барæвдыдтон-иу æй, мæ цуры-иу æй схуыссын кодтон; йæхимæ-иу ын куы цыдтæп, уæд-иу ын исты лæвар мемæ ахастон. Лæг чи у, уый афтæтæ фæкæны, мæ лымæн, афтæтæ. Уый йеттæмæ ныр куыдтæ æмæ цытæ кæнынц, уый ницы у. Ныры 1) Л. Н. Голстой. 241
лæппутæ хи ирхæфсынæн, хуыздæр куыстæн, уый ссардтой, æмæ æхсынæнтæ къæрццытæ кæнынц æмæ сын сæ цъæрттæ тутæ кæнынц, — загъта лæг, былыс- чъилтæ гæнгæ, æмæ лæппу хъазахъ æхсынæнтæ куыд æхсынынц æмæ сын сæ цъæрттæ куыд тутæ кæнынц, уый фæзмын байдыдта. — Уый зонын æз дæр, — загъта Лукашкæ. — Уы- мæй раст зæгъыс! — Car лæг уай, уъш дæ куы фæнда, уæд музук- каджы хуызæн ма у, фæлæ дæм ныфс æмæ сахъдзи- над уæд. Уый йеттæмæ бæх балхæнын диссаг нæу; бæх музуккаг дæр балхæндзæн — æхца акалдзæн æмæ бæх райсдзæн. Сæ дыууæ дæр исдуг ныхъус сты. — Хъæуы дæр æмæ посты дæр, адæймаджы зæр- дæ цæмæй барухс уа, ахæм-æй дзы ницы ис. Лæг йæ- хи кæм равдиса, кæм аиваза, ахæм ран дæр нæй. Дзырдæн Назаркæйы райсæм. Айфыццаг цæцæйнаг хъæуы уыдыстæм. Гирей-хан нæ Ногъаймæ бæхтæ тæрынмæ хуыдта. Уый бахъуыды кæн, æмæ ничи акуымдта. Æз дæр ма иунæгæй цы бакодтаин, кæдæм ацыдаин? — Уæд æз цы ми кæнын? Мæ гæрзтæ æрæвæрд- топ, ома? Уый æнхъæл ма у. Ныр ма мæ зæрдæ мæ мпдæг ис, уый зон. Æри-ма уæдæ бæх, кæддæра ныр- тæккæ Ногъайы нæ балæууин. — Дзæгъæл ныхас ницæмæн у, — загъта Лука. — Фæлæ Гирей-ханимæ цы бакæнон, уый ма мын зæгъ. Афтæ зæгъы, бæхтæ Теркмæ æрбахæццæ кæ, уый фæстæ сæ мæ бар уадз, æнæхъæн рæгъауæн дæр,дам, бынат окæндзæн. Нæ зонын, фæлæ уыцы гæмæхсæ- рыл дæр куыд баууæндыдæуа. — Гирей-хан æнæсайд лæг у, баууæндæн ыл ис. Уыцы мыккаг сеппæт дæр хорз сты. Йæ фыд мæ хорз хæлар уыд. Мæнмæ хъус æрмæст. Æз дæ æвзæрдзи- надыл нæ сардаудзынæн. Ард ын куы бахæрын кæ- пай, уæд ыл дæ зæрдæ дар, йæ ард нæ фæсайдзæн. Фæлæ уæддæр, цы вæййы, куыд вæййы, цы нæ æрцæ- уы, æмæ йемæ цæугæйæ фæндагыл стырзæрдæ ма у, сайд дыл æрцæудзæн, дамбаца цæттæ дар, уæлдай- дæр бæхтæ уарынмæ куы æрцæуат, уæд. Иухатт мæ 242
афтæмæй иу цæцæйнаг, чысыл ма бахъæуа, фæцæй- мардта. Æз дзы бæхæн туман куырдтон. Æууæндгæ кæ, фæлæ æнæ топпæй хуыссæнмæ дæхи ма ’руадз. Лукашкæ зæрдиагæй хъуыста зæронд лæгмæ. — Уæд йед та,—зæгъгæ загъта Лукашкæ, — аф- тæ фехъуыстон, халæн-гæрдæг дæм ис, зæгъгæ. — Халæн-гæрдæг мæм нæй, фæлæ дып æй амон- гæ бакæндзынæн, цæй, цы дын чындæуа, уæдæ, дзæ- бæх лæппу дæ, гæды ныхас циу, зæронды дæр нæ рох кæныс, æрхъуыды йæ кæныс. Бацамонон дын æй, уæдæ? — Куы мын бацамонис, хъæлæкк! — Уæртджын хæфс зоныс? Дæлимонтæй у уыйдæр. — Зонын. Уый та чи нæ зоны! — Цæвиттон хъуыддагæй, баздæх æмæ уæртджын хæфсы ахстон ссар, æмæ йын йæ алфæмблай кау æрби, мидæмæ йын бацæуæн куыд нал уа, афтæ. Уый æрбацæудзæн æмæ йæ алыварс æрзилæитæ кæндзæн, стæй фæстæмæ афардæг уыдзæн, халæн-гæрдæг ссар- дзæн, æрбахæсдзæн æй æмæ кау фехалдзæн. Дыккаг бон райсом сæударæй уьгм балæуу. Кæс, æмæ каухæлд кæм разына, раст гъе уыцы ран зæххы халæн-гæр- дæг лæудзæн. Сис æй æмæ йæ демæ хæсс, кæдæм дæ фæнда, уырдæм. Цæй гуыдыр æмæ цæй дуарæхкæ- пæп, — дæ цæстæй дæр сæ нал фендзынæ. — Дæхæдæг дæр æй бавзæрстаис? — Нæ, мæхæдæг æй, гæды ныхас, нæ бавзæр- стон, фæлæ йæ зондджын адæм дзырдтой. Мæнмæ æр- мæст уыцы иу хос уыд: æз, гъа ныр бæхыл сбадон, зæгъгæ, афтæ-иу загътон «æгас цæут». Куыд мæ уы- ныс, ничи мæ амардта, цардæгас дæн. — Уагæр цавæр «æгас цæут» у? — Æмæ йæ нæ зоныс? Æ, мæгуыр уæ бон, йе: сымах дæр дзы адæм стут. «Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс». Мæн-иу афæрс, мæн. Хъус уæдæ, мæ фæдыл дзур: Æгас цæут Сионы цæрджытæ. Ай дæ паддзах у. 243
Max сбаддзыстæм бæхтыл. Сафоние хъæрæй дзырдта, Захарие ныхас кодта. Нæ фыд Мандрыче Адæймаджы æнусмæ уарзæг. — Æнусмæ, æнусмæ уарзæг, — дыккаг хатт та загъта зæронд лæг. — Бамбæрстай? Цæй-ма, уæдæ йæ зæгъ! Лукашкæ бахудти. — Æмæ дæ уый тыххæй, мийаг, пæ амардæуыд? Уый та кæй бауырндзæн. — Æгæр æмбаргæ сыстут. Сахуыр æй кæ йегас дæр æмæ йæ радзур. Уымæй дæ ницы сæфы, нпцы дыл æрцæудзæн. Азардзынæ «Мандрыче» æмæ æнæ- фсæрм уыдзынæ. — Зæронд лæг йæхæдæг ныххуд- ти. — Фæлæ уæддæр, Лука, Ногъаймæ ма сфæнд кæ! Цæй тыххæй, уый зоныс? — Цæй тыххæй? — Цæй тыххæй куы зæгъай, уæд ахæм рæста^г иал у, сымах дæр фыццаджы адæмæй не стут. Ни- цæййаг хъазахъ сты ныры хъазахъ. Уырыс дæр стых- джын сты. Ахæстоны бахауынæй дæр æдас нæу. Æцæг зæгъын, ма сфæнд кæн. Сымах аккаг хъуыддаг нæу. Æз æмæ Гирчик фьтццаг заманы-иу куы... Æмæ зæронд лæг йе ’нæкæрон хабæрттæ радзу- рынмæ хъавыд, фæлæ Лукашкæ рудзынгмæ фæкаст. — Бон æрбацъæх, — зæгъгæ, фæкодта Лука æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта.—Афон у, байрæджы мын ис, абæрæг-иу н-æ кæ искуы. — Чырысти де’мбал, æз дæр салдæтты хицаумæ цæуын: зæрдæ йын бавæрдтон, цуаны дæ ахондзы- нæн, зæгъгæ. Куыд æм кæсын, афтæмæй дзæбæх здæймаг чи у, ахæм у. XVII Ерошкæтæй Лукашкæ сæхимæ бацыд. Сæ хæдзар- мæ куы бахæццæ, уæд уымæл сæлфгæ мигъ зæххæй йæхиуыл схæцыд æмæ хъæуыл æрбадт. Уый агъоммæ хъомвос пæ зындысты мигъæй, ныр алырдыгæй змæ- 244
лын байдыдтой. Уасджытæ арæхдæр æмæ тынгдæр кæрæдзимæ уасыдысты, Уæлдæф рæсугъддæр, сыгъ- дæгдæр кодта æмæ адæм стын байдыдтой. Мигъ сæл- фынæгау кодта, æмæ Лука сæхимæ куы бахæццæ, уæд ауыдта сæ уымæл кау, сæ бацæуæн асин æмæ гом дуар. Кæрты, сугтæ сæттгæйæ, хъуысти фæрæты хъæр мигъы мидæг. Лукашкæ уатмæ бацыд. йæ мад сыс- тад æмæ, пецы уæлхъус лæугæйæ, пецы хуылфмæ сугтæ калдта. Сынтæджы хуыссыд æвзонг чызг — йæ хо. — Дæ мондæгтæ та суагътай? Хорз та фæралли- балли кодтай,—загъта сабырæй йæ мад. — Кæм та уыдтæ дысон бонмæ? — Хъæуы уыдтæн,—æвæндонæй йын радтадзуапп фырт; йæ топп агъудæй сласта æмæ йæ рауын-бауын кодта. Мад йæ сæр батылдта. Лукашкæ топпы хъусы топпыхос ныккодта, дзæ- къул райста, йæ бæрцагъудтæй иукъорд афтид бæрцы сласта, алы бæрцы дæр æхст бæрц топпыхос ныккод- та æмæ сын сæ дзыхтæ æнгом ахкæдта, пысулты ми- дæг тыхт нæмгуытæй. Иннæ бæрцытæн дæр дæнда- гæй сæ пысултæ сласта, æркасти сæм æмæ фæстæмæ дзæкъул йæ бынаты æрæвæрдта. — Нана, афтæ дын куы загътон, бæхы хызып бампъуз, зæгъгæ. Бампъызтай йæ æви нæ? — загъта лæппу. — О, дысон къуыдты цыдæртæ æмпъызта. Æмæ та постмæ дæ цæуын афон æрхæццæ? Куыд тагъд, ныр ма дæм дзæбæх кæсгæ дæр куы нæ бакодтон. — Мæхи куыддæр арæвдз кæнон, афтæ цæуын хъæуы, — загъта Лукашкæ, дзæкъулы ком бæттгæ- йæ. — Къуыдты та кæм ис? Æттæмæ искæдæм ацыд? — Æвæццæгæн сугтæ сæтты. Дæ мæтæй батад, æдзух дæ кой кæны. «Иæхи нал æвдисы, æппын ыл мæ цæст нал хæцы», зæгъгæ, зæгъы дæуæй. Йæ къу- хæй йæ цæсгом ацамоны, стæй йæ æнгом йæ зæрдæ- йыл авæры, ома дæуæй афтæ: «тæригъæд ын кæнын». Бадзурон æм? Куыд дæ фæнды? Абырæджы марды хабар дæр бамбæрста. — Бадзур, — загъта Лукашкæ. — Дæ разы ма 245
мын уым иу сæрдæны мур аззад, демæ-иу æй рахæсс; мæ кард байсæрдинаг у. Зæронд ус æттæмæ рауад æмæ иукъорд минуты фæстæ хъинцгæнаг асиныл хæдзармæ æрбацыд Лу- кашкæйæн йæ къуыдты хо. Хо æфсымæрæй æхсæз азы хисдæр уыд, бакастæй раст йе ’фсымæры æнгæ- сæн уыдаид, ивддзаг фæцаиккой, цæвиттон, къуыдты- тæн се ’гъдаумæ гæсгæ, сæ цæсгомы хатт къуымых æмæ фæливаг куы нæ уаид, уæд. Йæ уæлæ уыд дæрд- джын æмпъызтытæ ’хæдон, йæ къæхтæ бæгъæввад æмæ цъыфæйдзаг; сæрыл дæрдджын цъæх сæрбæт- тæн. Бæрзæй, къухтæ æмæ цæсгом нуарджын, раст музуккаг лæгæн куыд вæййынц, афтæ. Бæрæг уыд, йæ дарæсæй дæр æмæ æнæуый алцæмæй дæр, куыст- фæлтæрд кæй уыд æмæ лæджы уæззау куыст кæй кодта, уый. Чызг йæ хъæбысы дзаг сугтæ æрбахаста æмæ сæ пецы раз æркалдта. Стæй æфсымæрмæ цин- гæнгæ бацыд æмæ йын худгæйæ (йæ цæсгом кæмæй нынцъылдтæ, ахæм худтæй) йе уæхскыл йæ къух авæрдта æмæ къухæй, цæсгомæй, буары змæлдæй йемæ ныхæстæ кæнын байдыдта. — Хорз, хорз, сахъ чызг дæ, Степкæ! — дзуапп ын лæвæрдта æфсымæр, йæ сæрæй кувгæйæ.—Алцы дæр бавæрдтай, барæвдз кодтай, бафснайдтай, car чызг дæ, дæу хуызæн кæм ис. Гъа, мæнæ дын лæ- вар! — зæгъгæ, йæ дзыппæй дыууæ пряничы систа æмæ сæ чызгæн радта. Къуыдтыйæн йæ цæсгом фæсырх æмæ фырцинæй куыддæр æнахуыр хъæртæ байдыдта. Пряниччытæм фæлæбурдта. Ноджы рогдæр дзурын байдыдта ны- сæнттæй æмæ йæ къухæй, арæх иуварсырдæм амон- гæйæ, йæ хисдæр æнгуылдз цæсгомыл æрхаста, æмæ- иу æрфгуытæ адаудта. Лукашкæйæн цы бамбарын хъуыд, кæй кой йын кодта, уый, æмæ, йæ мидбылты худгæйæ, йæ сæрæй «о» кодта. Къуыдты æфсымæрæн дзырдта: чызджытæн адджинæгтæ арæхдæр куыд æл- хæна, чызджытæ йæ бирæ уарзынц, æмæ чызджыты хуыздæр Марьянкæйы зæрдæмæ дæр цæуы. Марьян- кæйы кой гæнгæйæ, йæ къухæй уьтдонырдæм амыдта æмæ-иу йæ сæр батылдта. «Уарзын» та афтæ амыд- та: йæ къух-иу йæ риуьтл авæрдта æмæ йын-иу аба 246
кодта. Мад фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ къуыдтыйы ныхæстæ куы бамбæрста, уæд йæхи ны- мæры бахудт æмæ йæ сæр батылдта. Къуыдты йын йæ пряниччытæ равдыста æмæ та фырцинæй хъыллис тытæ кæнын райдыдта. — Айфыццаг Улитæйæн дзырдтон, минæвæрттæ дæм æрвитдзынæн, зæгъгæ, — загъта мад, — мæ ньтхæстæн уæлдай ницы загъта, цыма йæм дзæбæх фæкастысты. Лукашкæ, æнæ дзургæйæ йæ мадмæ бакаст. — Ныр куыд, нана! Сæн ласын хъæудзæн. Бæх балхæнын хъæуы. — Йæ афон куы ’рцæуа, уæд аласдзынæн. Боц- къаты кой уал бакæнон,— загъта зæропд ус, фæлæ фырт хæдзары уынаффæйы йæ дзырд кæй æппæрста, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд, нæ йæ фæндыд. — Куы цæ- уай, уæд дæ разы тыргъы голлаг демæ ахæсс. Æфс- тæутты бацыдтæп дæу тыххæй, бавæрдтон дын сæ. Хордзенты дын сæ цæвæрин? — Куыд дæ фæнды, афтæ, — загъта Лукашкæ. --- Гирей-хан, мийаг, куы фæзына, уæд-иу æй постмæ сардау, кæннод мæ ныр тагъд нал суæгъд кæндзы- сты. Хъуыддаг мæ ис йемæ. Лукашкæ йæхи рæвдз кæныныл фæци. — Хорз, хорз, Лукашкæ, арвитдзынæн æй. Дьюон- бонмæ та Ямкæмæ уыдаиккат, æвæццæгæн? Æмбп- сæхсæв хъом абæрæг кæнынмæ рацыдтæн æмæ цыма уырдыгæй дæ хъæлæс хъуыст, афтæ мæм фæзынд. Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта, тыргъ- мæ рацыд, хордзентæ йе’ккой баппæрста, йæ фæччи- тæ йæ сины асагъта æмæ къæсæрыл слæууыд. — Хæрзбон у, мæ мад, — загъта лæппу мадæн, йæ фæдыл дуар ссонгæйæ. — Назаркæимæ мын уыцы боцкъа æнæ рарвитгæ ма фæу; лæппутæн зæрдæ ба- вæрдтон; ауылты æрбауайдзæн. — Чырыстийы фæдзæхст у, Лукашкæ! Стыр хуы- цауы уазæг! Ног æнæвнæлд боцкъайæ дын арвитдзы- нæн, дæ зæрдæ ма ’хсайæд, — загъта зæронд ус, йæ фæдыл цæугæйæ. — Байхъус-ма мæм, — бафтыдта ма зæронд ус, кауыл йæ риуæй æнцайгæйæ æмæ кауы сæрты кæсгæйæ. Хъазахъаг фæлæууыд. 247
— Am иу чысыл дæ фæллад суагътай, дæх-и аир хæфстай, æмæ цы кæны, хорз у уый! Лæппу адæйма- гæн æнæ афтæ кæнæн дæр кæм ис? Хуыцауæй дæр уæдæ хъæстаг ницæмæй дæ, хорз дын баххуыс кодта, амонд дын радта. Уый дæр хорз у. Фæлæ дарддæр стырзæрдæ ма у, дæхи хъахъæ! Уæлдай тынгдæр дын уый фæдзæхсын: хицауы зæрдæ æлхæн, нæй гæпæп æнæ афтæ, уый зон. Æз сæн ауæй кæндзынæн æмæ дын æхца бæхы аргъ бавæрдзынæн, стæй дын ус дæр ракурдзынæн. — Хорз, хорз! — дзырдта йаам фæстæмæ фырт æрфгуыты бынæй. Къуыдты дæр æм фæсте адзырдта, — йæхимæ йæ кæсын кодта. Сæр æмæ къух ацамыдта — ома даст сæр, цæцæйнаг. Стæй йæ цæстытæ фæтар кодта æма^ цыма истæмæ хъавгæ кæны, афтæ йæ къухтæ ацарæз- та æмæ хъæртæ кæнын систа, йæ сæр тилгæйæ. Уы- цы митæй æмбарын кодта, иу цæцæйнаг ма цæмæй амардтаид Лукашкæ, уый. Лукашкæ йæ бамбæрста, бахудти æмæ цырд, рог къахдзæфтæ гæнгæ æмæ нымæты бын топпы къа?- дзыл хæцгæйæ фæаууон тар мигъы мидæг. Зæронд ус æнцад-æнцойæ, æнæ дзургæйæ кулдуа- ры цур алæууыд, стæй фæстæмæ хæдзармæ æрбаз- дæхт æмæ йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. XVIII Лукашкæ постмæ афардæг. Ерошкæ дæр уыцы са- хат куыйтæм фехситт кодта, стæй кауы сæрты ахызг æмæ фæсфæдты Оленины фатермæ бацыд (цæвиттои хъуыддагæй, цуапы цæугæйæ, устытæй йе сæфт уыд- та, пæ сæ уарзта, фыдæмбæлæг сæ хуыдта). Олениы ма хуысгæ кодта. Ванюшæ райхъал, фæлæ йæ хуыс- сæнæй нæма сыстад æмæ, алырдæм ракæс-бакæс гæнгæйæ, хъуыды кодта, сыстын афон у æви нæ, — афтæ Ерошкæ дæр, топп йе ’фцæджы, цуанон арæз- тæй, дуар байгом кодта. — Лæдзджытæ! Мæнæ нæминаг адæм, — фæхъæр кодта Ерошкæ йæ бæзджын хъæлæсæй. — Фæдис! 248
Цæцæн æрбафсæрстой! Иван! Баринæн самовар æвæргæ. Ды та уæлæмæ сыст! Цырд у! — фæхъæр кодта зæронд. — Махмæ афтæ кæныиц, хорз лæг! Уæртæ ма чызджытæ дæр куы сыстадысты. Рудзын- гæй ма дæ цæст адар, уыныс! Донмæ фæцæуынц, ды та ма хуысгæ кæныс. Оленин фехъал æмæ фæгæпп ласта. Цыма сног, уыйау бахъæлдзæг зæронды æрбацыдæй æмæ йæ хъæлæсы зæлангæй. — Цырд, мардзæ фæуинаг! Цырд у, дын куы зæ- гъын, Ванюшæ! — фæхъæр та кодта зæроид. — Цуаны афтæ фæцыдæуы! Адæм кæд æмæ кæд сыстадысты; аходæн хæрын афон куы у; ды та ма хуысгæ кæныс. Лям! Кæдæ-м, кæ, дæ бындар дæ счындæуа! — фæхъæр кодта куыдзыл. — Дæ топп рæвдз у æви нæ? — хъæр кодта зæ- ронд, цыма уаты дуне адæм гуылфæнтæ кодтой, уыйау. — Мæ аххос у, раст зæгъгæйæ, сæттын ыл, ф.æлæ цæй, цы бакæнон. Топпыхос, Ванюшæ! Пысултæ! — бадзырдта Оленин. — Иван! — хъæр кодта зæронд. — Дю те вулеву?1—загъта Ванюшæ француса- гау, йæ мидбылты худгæйæ. — Ды махæй нæ дæ! Хæйрæджыты æвзагæй дзу- рыс, дæлгоммæгæсæг! — фæхъæр ыл кодта зæронд, йæ дæндæгты быпдзæфхæдтæ зыхъыргæнгæйæ. — Фыццаг хатт мын хатыр фæуæд, — загъта Оле- нин хъазгæ ’мхасæн, йæ дынджыр цырьгхъытæ кæнгæйæ. — Цæй, цы дын бачындæуа, фæуæд хатыр фыц- цаг хаттæн, фæлæ дыккаг хатт афойнадыл пе сыс- тадтæ, уæд мын цы ’нхъæл дæ, хъаст мæ-иу ма ракæ, сæны ведра бафиддзынæ. Куыддæр хур зæхх батава, афтæ car гандзайы хай бауыдзæн, йæ дымгæ дæр ын иал фендзынæ. — Æниу æй куы баййафай, уæд цы бакæнинаг дæ? Махæй зондджындæр куы у, — загъта Оленин, 1 Цай дæ хъæуы. 249
зæронд лæгæн йæ дысоны ныхæстæ фæзмгæйæ, — пæ йæ фæсайдзынæ! — Худæгæй мыл мæл! Маргæ уал исты акæ, стæи уый фæстæ ныхас кæн. Цæй, цырддæр у! Кæсыс, уæр- тæ дæм хæдзары хицау дæр æрбацæуы, — загъта Ерошкæ, рудзынгæй æттæмæ кæсгæйæ. — Уыныс, иæ- хи куыд ацарæзта, ног цухъа акодта, дæ цæстмæ аф- тæ кæны: афицер кæй у, уый дын зонын кæны. Уæв- гæ, æвæдза, адæм худæг сты, худæг! Æмæ æцæг, Ванюшæ æрбацыд æмæ загъта, хæ- дзары хицауы фæнды барины фенын. — Ларжан,1—загъта Ванюшæ, арф хъуыды гæн- гæйæ. Рагагъоммæ йын æмбарын кодта Оленинæн хæрунжийы æрбацыды хабар. Уымæн йæ хæд фæстæ хяерунжийы йæхæдæгуаты æрбалæууыд, афицерыпън- гонтæ йе уæхсчытыл, ног цухъа æмæ сыгъдæг цыры- хъыты (хъазахъ цырыхъытæ арæх нæ дардтой), ху- дæндзастæй, узгæ æрбацыд, æмæ сын бæрæгбоны арфæтæ ракодта. Хæрунжий, Илья Васильевич, уыди ахуыргонд адæ- мыл нымад, Уæрæсейы чи ахатти, ахæм, окъолайы ахуыргæнæг, уыимæ ма ноджы уæздæттæй. Афицер уæвгæйæ, йæхиуыл фервæссыд, йæхи сæрыстыр дард кодта, уæзданæй йæхи æвдыста, аивдзинæдтыл йæхи хъардта, ныхасæй дæр æмæ æнæуый алцæмæй дæр. Фæлæ уæддæр бæрæг уыд, хуымæтæджы хъазахъаг кæй уыд, уьгй, цыбыр ныхасæй, дæлвæд-уæлвæд— Ерошкæ. Афтæ кæй уыд, уый бæрæг уыд йæ хур- сыгъд цæсгомæй дæр, йæ къухтæй дæр æмæ йæ сырх фындзæй дæр. Оленин æй сбадын кодта. — Æгас нæм цу, нæ фыд Илья Васильевич! — загъта Ерошкæ, уæлæмæ стгæйæ æмæ ныллæг кувгæ- йæ, æм.æ, Оленинмæ куыд фæзынд, афтæмæй, хын- джылæггæнæгау. — Бирæ цæрай, Ерошкæ! Ды дæр та ам куы дæ, сæрæй?—дзуапп ын радта хæрунжий æмæ йын æнæ- барыгомау йæ сæрæй акуывта. Хæрунжий уыд иу дыууиссæдзаздзыд адæймаг, урс æмхæццæ, куыд дæлæмæ цыргъ арæзт зачъетимæ, 1 Æхца (францусагау). 250
къæсхуыр, нарæг, лыстæг арæзт, рæсугъд лæг æмæ йæ азтæй лæтшудæр хуыз. Оленинмæ куы бацыд, уæд хуымæтæджы хъазахъыл æй куы банымайа, уымæй тæрсгæйæ, йæхи хуыздæрæй бавдисынмæ хъавыд. — Ай Мысыры бæсгы Нимврод1 у, — зæгъгæ, загъ- та хæрунжий Ерошкæйы тыххæй, худæнбылæй, йæхи- цæй разыйæ — ома мах дæр уый бæрц æгуыдзæг нс- стæм, нæ, цыдæртæ зонæм. — Хицæутты раз, хи да- рынмæ ахæм никуы ис. Чердæм æй фездахай, йæхи- цæн æмбал нæй, кардæй уæлдай нæу. Уый бамбарын дæхицæн саккаг кодтаис? Ерошкæ йæ хуылыдз къогъодзиджын къæхтæм каст æмæ сагъæс гæнгæйæ йæ сæр тылдта, цыма хæ- рунжæйы дæсныдаинад, арф зонд æмæ стыр ахуыр- гонддзинадыл дис кодта, уыйау, æмæ хи нымæры дзырдта «Нимрод гицкий! Æвæдза цы нæ æрхъуыды кæндзæн, ахæм ын нæй!» — Цуаны ауайын фæнд кæнæм, — загъта Оленин — Цæмæйдæриддæр хъуыддагæй, афтæ у æцæг- дзинадæй, — сдзырдта хæрунжий. — Мæн демæ иу чысылгомау хъуыддаггонд ис. — Цы зæгъинаг дæ? Чи йæ сæххæст кæндзæн, уый æз. — Ды уæздан лæг кæм дæ, — байдыдта хæрун- жий, — æз дæр мæхи куьгд æмбарын æмæ, цæвиттон хъуыддагæй, мæнмæ дæр афицеры æгъдау кæм ис, уым, æвæццæгæн, куыдфæстæмæ кæрæдзи бамбар- дзыстæм, уæздан адæмæн куыд æмбæлы, афтæ. (Хæ- рунжий исдуг фæхъус æмæ, йæ мидбылты худгæйæ, зæронд лæг æмæ Оленинмæ бакаст). Фæлæ дæ кæд фæнды, æз куыд уон, афтæмæй, уымæн æмæ мæ ус нæ мыккаджы æдылы сылгоймаг у æмæ ацы сахат дзæ- бæх нæ бамбæрста дæ дысоны ныхæстæ. Уьгй тыххæй, æмæ нæ фатер полчъы адютантæн лæвæрд уыд æна^ скъæтæй æхсæз сомыл, фæлæ лæвар æз кæддæриддæр, куыд уæздан лæг, мæхицæй асурдзьшæн. Фæлæ дæу кæм фæндьг, уым æз, афицеры æгъдау мæм кæм ис уым сæрмагонд демæ алцæуыл дæр сразы уыдзынæн 1 Мысыры бæстæ. — Егнпсч. 251
æмæ не ’гдауы фæдыл н.æ, фæлæ амы бæсты цæрæг кæй дæн, алцæмæй дæр не ’хсæн цы ’гъдæучтæ уа, уы- дон сæххæст кæнинаг дæн... — Дзæбæх сыгъдæгæй йæ куы аскъæрдта, лымæн. Дзурынмæ та, æниу искæмæн йæ мæрдтæ дæр ма куы æрцæуиккой, — сбæрбæр кодта зæронд лæг Ерошкæ. Хæрупжий ма уыцы æгъдауæй бирæ фæныхæстæ кодта. Уыцы ныхæстæй Оленин стыр зынæй бамбæр- ста хæрунжийы фæндондзинад: фатерæн мæй æхсæз сомы кæй агуры, уый. Оленин æнæ иу уæлдай ныха- сæй сразы ис, æмæ дзы куырдта, иу цайы агуывзæ куыд саккаг кодтаид, афтæ. Хæрунжий нæбакуымдта. — Не’нæзонд, æдылы æгъдаумæ гæсгæ, — загъ- та хæрунжий, — мах тæригъæды хуызæн ныма- йæм искæй агуывзæйæ цай бацымын. Æз, куыд ахуыргонд лæг, хъуамæ æмбарон уыдæттæ, фæлæ мæ къай адæймаджы лæмæгъдзинæдтæм гæсгæ... — Уæдæ саккаг кæндзынæ иу цайы агуывзæ? — Кæд мын бар дæттыс, уæд æз-мæхи агуывзæ æрбахæсдзынæн, сæрмагонд мын у, — загъта хæрун- жий æмæ æттæмæ рауад. — Агуывзæ-ма. радав! — ба- хъæр кодта хæрунжий сæхимæ. Иукъорд минутьг фæстæ дуар байгом æмæ уырды- гæй æрбазынд æвзонг сылгоймаджы хурсыгъд къух, розæхуыз хæдоны дысы мидæг агуывзæимæ. Хæруч- жий бацыд, агуывзæ райста æмæ йæ чызгимæ сусæ- гæй цыдæртæ адзырдта. Оленин хæрунжийæн цай æр- кодта йæхи сæрмагонд агуывзæйы, Ерошкæйæн та хуымæтæг агуывзæйы. — Æгæр уæ фæстиат кæнын, — загъта хæрунжий яемæ, йæ былтæ судзгæйæ, йæ цайы агуывзæ ацымд- та.—Æз дæр тынг уарзын кæсаг ахсын. Ныртæккæ мæ куыстæй уæгъдгонд кæй дæн, ам дæр уый тых- хæй дæн. Мæн дæр фæнды мæ амонд бавзарын; кæд мæн дæр Терчы лæвæрттæй иу мæ хай фæуид. Мæ зæрдæ дарын, ды дæр мæ искуы бабæрæг кæндзынæ, «фæйнæ» баназынмæ, нæ хъæуы æгъдаумæ гæсгæ, — бафтыдта ма фæстагмæ хæрунжий. Хæрунжий Оленинæн хæрзбоп загъта, йæ къух ын райста æмæ рацыд. Цалынмæ Оленин йæхи рæвдзы- тæ кодта, уалынмæ хъуыста хæрунжийы барджын 252
хъæлæс, хæдзары бинонтæн уынаффæ гæнгæйæ. Иу- къорд минуты фæстæ Оленин ауыдта, хæрунжийы ру- дзынджы бынты фæцæйцæугæ, йæ хæлафы къæхтæ уæлæмæ фæлдæхтæй бацæвитты онг, скъуыдтæ куы- рæт йæ уæлæ, кæсагахæссæп хыз йе ’ккой, афтæ- мя?й. — Дæлгоммæгæсæг, фæлитой!—загъта Ерошкæ, йæ цай иумæйаг агуывзæйæ цымд куы фæци, уæд. — Ныр ын æцæг фидынвæнд кæныс азхсæз сомы? Ис- куы ма уый æрцыд? Хуыздæр уат нал ныууадздзынæ, ахæм дыууæ сомæй баххуырсдзынæ. Ахæм хин æмæ кæлæн никуы уыдзæн. Æз дын уæртæ мæ уат æртæ сомыл дæттын. — Нæй, ракæ-бакæйæ ницыуал, ам баззайдзы- нæн, — загъта Оленин. — Æхсæз сомы! æвæццæгæн дæм æрра æхцатæ бирæ ис? Мæнæ царциатæ!—загъта зæронд лæг.— Иван, сæн-ма рахæсс! Сæ цæуынмæ ’ввахс Оленин зæронд лæгимæ хорз банызтой, бахордтой, стæй райсомæй аст сахаты уы- даид, афтæ æттæмæ уынгмæ рацыдысты. Кулдуары цур хæрхæмбæлд фесты ифтыгъд уæр- донимæ. Йæ цæсгом цæстыты онг урс кæлмæрзæнæй тыхт, цыбыр куырæт æмæ хæдоны мидæг, йæ къæхтыл цырыхъытæ, йæ къухы даргъ рæхснæг уис æмæ сæр- бос, афтæмæй Марьянæ разæй галты сæрыл хæцыд. — Мæ зæды хай, — сдзырдта зæронд æмæ йæм цыма фæлæбурынмæ хъавыд, афтæ йæхи фæкодта. Марьянæ уис дард фæхаста æмæ йæм февзыста, стæй сæ дыууæмæ дæр йæ рæсугъд цæстытæй хъæл- дзæгæй бакаст. Оленин ноджы тынгдæр бахъæлдзæг. — Цæй, цом, нæ фæндаг дарæм!—загъта Оле- нин, йæ топп йе ’фцæджы æфтаугæйæ æмæ чызджы цæстæнгас æмбаргæйæ... — Гъæ! Гъæст! — фæзыланг кодта сæ фæстæ Ма- рьянæйы хъæлæс, æмæ уæрдоны хъинц-хъинц ссыд. Цалынмæ фæндаг фæсфæдты, хъæугæрæтты хи- зæнтыл цыд, уалынмæ Ерошкæ йæ ныхасæй нæ бан- цад. Хæрунжий йæ сæрæй нæ цух кодта, æлгъыста, фаудта йæ. 253
— Цæмæ гæсгæ йæм афтæ изгард дæ? — афарста зæронды Оленин. — Мæрддзæст у! Хæлиу къухæй дзы дон не- ’ртæдздзæн. Нæ уарзын ахæмты, — загъта зæронд лæг. — Куыдзы мард ныккæндзæн æмæ йын дзæгъæ- лы баззайдзысты. Кæмæн мын æмбырд кæны? Дыууæ хæдзары скодта. Дыккаг цæхæрадон йе ’фсымæрæй байста. Гæххæтт ныффыссынмæ ахæм кæм ис, хъæ- бæр дæсны у, ничи йыл фæтыхджындæр уыдзæн! Ин- нæ хъæутæй дæр уымæ цæуынц гæххæтт скæнынмæ.- Куыддæриддæр ныффысса, афтæ йын æнæ рауайгæ нæй. Амонын уын нæ хъæуы. Фæлæ мын кæмæн кæ- ны бынтæ? Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр иунæг лæппу æмæ иунæг чызг. Моймæ йæ куы радта, уæд ма дзы чи баззайдзæн. — Æвæццæгæн, чызгæн йемæ исты раттынмæ хъавы æмæ кæд уый тыххæй æмбырд кæны, —загъта Оленин. — Цытæ мын дзурыс, цы? Ахæм нæу. Чызджы курджытæ ис, хорз чызг у, гæды ныхас, дау æм нæй. Фæлæ хæйрæгимæ чи бафидаудзæн, зындзырд у. Æрмæст æй хъæздыг хæдзармæ дæттын вæнд кæны, ирæд бирæ кæмæй рафæлгъауа, ахæммæ. Лука мæ сыхаг æмæ ме ’фсьшæры лæппу у, хъазахъаг у, æцæг; фæлæ сагдæр адæймагæн скæнæн дæр ма нæй, æрæ- джы цæцæйнаджы чи амардта, уый. Рагæй йыл дзу- ры, фæлæ йын æй нæ дæттынц. Рафсон-бафсон кæ- нынц: æвзонг чызг, дам, у зæгъынц, афон ын нæма у- тæ йеттæ. Фæлæ мидæгæй сæ зæрдæйы хуылфы цы ис, уый нын амонын нæ хъæуы, ахæмтæ бамбараг дæн. Цæвиттон, сæхицæн лæгъстæ агурынц. Уæддæр йæ фæстаг Лукашкæмæ цæуы, уымæй йын аирвæзæн нæй. Цæй тыххæй, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уый хуызæн хъазахъаг нæ хъæуы мидæг нæй, йæ ра- зы ничи æрбалæудзæн, car лæг у, абырæджы амард- та, крест ын рацæудзæн. — Уæд уый та цы уыдаид, цымæ? Дысон æз кæр- ты куы рацу-бацу кодтон, уæд хæдзары хицауы чызг цавæрдæр хъазахъагимæ батæ кодта, — загъта Оленин. 254
— Хынджылæг ма ма кæн, — фæхъæр кодта зæ- ронд лæг. — Мæ фыдыстæн! Æцæг зæгъын, æцæг. Хъазын æнхъæл мыи ма у. — Сылгоймаг хæйрæджы мыккагæй у, æууæнк ыл нæй, — хъуыды гæнгæйæ загъта Ерошкæ. — Цы хуы- зæн уыд хъазахъаг? — Цы хуызæн уыд, уый нæ равзæрстон. — Цавæр худ ыл уыд? урс, мийаг? — Æнхъæлдæн. — Сырх цухъайы мидæг? Асæй дæумæ гæсгæ? нæ? — Нæ, мæнæй бæрзонддæр. — Уæдæ уый уыдаид. — Ерошкæ зæрдиагæй ных- худти. — Уый та уыд, уый, мæ Лука. Æз æй Маркæ хоньш Лукашкæйы, буцдæрæн, хъазгæйæ. Уый уыд, æнæмæнгæй. Уарзын ахæмты. Мæхæдæг дæр афтæ уыдтæн, мæ хæлар. Кæсын сæм нæ хъæуы. Цы нæ кодтон мæ лæппуйæ, æвæдза! Мæ зæрдиаг, мæ уар- зон-иу йæ мад æмæ чындзимæ хуыссыд, афтæмæй-иу сæм балæстæн. Маринаг та куыннæ уыдтæн, уæвгæ- йæ. Сæ хæдзар бæрэонд уыд. Мад — сылбирæгъ, хæй- рæг. Мæнæй йе сæфт уыдта. Мæ хæлар, Гирчик æй хуыдтой, уыимæ сæм-иу бацыдыстæм. Æз-иу Гирчи- чы уæхскыл слæууыдтæн æмæ-иу рудзынг байгом код- тон. Чызг кæддæриддæр рудзынджы цур хуыссыд æмæ-иу æй мæ къухæй астæрстон. Кæддæр æй аф- тæмæй фехъал кодтон. Мæн иæ базыдта æмæфæхъæр кодта, чи дæ, зæгъгæ. Мæнæн та, ахъуыды-ма кæ, дзурæн нæ уыд. Мад хуыссæны мидæг базмæлыд. Æз мæ худ фелвæстон æмæ йæ чызджы дзыхы атъыстон. Худы былтæм гæсгæ мæ уайтагъд базыдта. Æттæмæ расæррæтт ласта. Хъæугæ нæ ницы кодта, фæлæ уæд- дæр хъаймагъ уæд, сæнæфсир уæд, цы нæ-иу хаста. Уыцы иунæг мьш, миййаг, куы нæ уыд. Бирæ мын уыд ахæмтæ. Цы ’рæстæг, цы цард нын уыд, æвæдза! — Æмæ ныр цы кæны? — Ныр уал куыдзы фæдыл цом. Хъæддаг уасæ- джы стæхын кæндзыстæм æмæ бæласыл куы абада, уæд æхсыны кой кæ. — Уый дæр афтæ уæд, фæлæ цымæ Марьянæ къу- хы ницы æгъдауæй бафтид? Авзарис? 265
— Куыйты ’рдæм дæ цæст дар. Изæры фендзы- стæм, — загъта зæронд, æмæ къухæй йæ уарзон куыдз Лямы ’рдæм ацамыдта. Исдуг фæхъус сты. Иу фондзссæдз санчъехы, ныхæстæ гæнгæиæ, ацыдаиккой, афтæ зæронд лæг фæлæууыд. Фæндагыл цæхкæрмæ иу уис лæууыд æмæ йæ Ерошкæ уымææр- кæсын кодта. — Куыд æнхъæл дæ ды? — загъта Ерошкæ. — Ома уый ницы у, зæгъыс? Нæ, мæ бон. Ацы лæдзæгæн йæ лæуды æгъдау хорз нæу, уый зон. — Цæмæй нæу хорз? Ерошкæ бахудти. — Куы дын амардаин! Куыд дæм кæсыи, афтæ- мæй иицы æмбарыс. Мæнмæ байхъус. Лæдзæг афтæ куы л-æууа фæндагыл, уæд йæ сæрты макуы ахиз, фæ- лæ-иу иуварсырдæм азил, на уый нæй, — сис >æй æмæ йæ фæсфæндагмæ аппар æмæ бакув: «Фыдæн фыр- тæн æмæ сыгъдæг удæн» æмæ дарддæр дæ фæндаг дар. Ницы уал тас дын у уæд, уый зон. Афтæ мып амыдтой зæронд лæгтæ. — Уый ницы у! Уыдæттæ ма ныууадз, фæлæ ма мын Марьянæйы хабæрттæ ракæн. Куыд æнхъæл дæ, Лукашкæнмæ хæты, цымæ? — Сс! дæ дзыхыл хæц,—сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта. — Ардæм хъус. Мæнæ афтæ хъæдыл ацæудзыстæм. Æмæ зæронд лæг сабыр, арæхстгай санчъехтæ гæнгæйæ разæй араст нарæг къахвæндагыл. Фæндаг цыд бæзджын, чи срухс, ахæм тар хъæдмæ. Ерошкæ иукъорд хатты, мæсты хуызæй, йæ цæсгом æнцъылд- тæ гæнгæйæ, фæстæмæ Оленинмæ фæкаст, цæугæйæ сæрсæр .æмæ йæ дынджыр цырыхъытæй къæрццытæ кæй кодта, æмæ йæ топп бæлæсты цæнгтыл кæй хаф- та, уый тыххæй. — Сабыр хил, дæхимæ кæс, салдат, — мæстыйæ сабырæй дзырдта Ерошкæ. Уæлдæфы бæрæг уыд, хур кæй скаст, уый. Мигъ йæхи алырдæм исын байдыдта, фæлæ ма уæддæр бæлæсты цъуппытæ æмбæрзта. Хъæд тынг бæрзонд зынд. Бæстæ алы къахдзæфæн дæр йæхи æндæр хуы- 256
зы æвдыста. Дардæй кæсгæйæ, бæлас æнхъæл кæмæн уыдаис, уый иу къудзи разынд. Хъæз бæласы хуызæн зынд. XIX Мигъ сæлфынæгау кодта æмæ, фæндаг уымæл гæнгæйæ, каурæбынты кæрдæгыл æртæх æвæрдта, стæй йæхи уæлæмæ исын байдыдта, хæдзæртты хъа- мылæй æмбæрзт хуылыдз сæртæ гомгæнгæйæ. Фæз- дæг алы ’рдыгæй ердотæй уæлæмæ зыгъгъуытт ласта. Адæм хъæуæй æттæмæ цыдысты, чи куыстмæ, чи дон- мæ, чи постмæ. Цуанонтæ цыдысты фæрсæй-фæрстæм уымæл, кæрдæгджын фæндагыл. Куыйтæ сæ фæрсты згъордтой, сæ къæдзилтæ тилгæйæ æмæ фæстæмæ сæ хицæуттæм фæкæс-фæкæс гæнгæйæ. Æнæнымæц къо- гъотæ, уæлдæфы зилдух гæнгæйæ, цуанонты фæстæ тахтысты æмæ сып сæ фæсонтыл, сæ цæстытыл æмæ къухтыл бадтысты. Кæрдæджы æмæ хъæды уымæлы смаг цыд. Оленин æдзух фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта Марьянæйы уæрдонмæ, æмæ уисæй галтæ куыд тардта, уымæ. Бæстæ уыд æдзæм. Раздæр хъæутæй цуанонтæм цы хъæртæ хъуыст, уыдон ныр нал хъуыстысты. Æр- мæст ма куыйтæ мæнæ-мæнæ кодтой какæтты æхсæ- пæй æмæ-иу искуы иу хатт цъиуты уасын ссыд куый- ты рæйынмæ. Олеиин æмбæрста, хъæд абырæгыстон кæй у æмæ хъæды мидæг æдас кæй иæу, уый. Хъæ- ды мидæг фистæг цæуæг адæймагæн топп йе стыр пыфс, йæ хъахъæнæг кæй у, уый дæр æнæ зонгæ нæ уыд. Тæрсгæ, мийаг, нæ кодта,фæлæ уæддæр йæ зæр- дæ æмбæрста, йæ бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд уый стыр тасы мидæг кæй бацыдаид, уый. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй æдзынæг каст, мигъ кæм бадти, уы- цы уымæл хъæдмæ, æнувыдæй хъуыста алы чысыл змæлдмæ, алы къæрццмæ; йæ топп иу къухæй иннæмæ райс-байс кодта æмæ йæ зæрдæ кæй никуы ма бав- зæрста, ахæм ног æгъдау, ахæм циндзинад æндæвта. Ерошкæ разæй цыд æмæ-иу сырды æмхæццæ фæд цы кулы, кæнæ цъыфдзасты цур ауыдта, уым-иу фæлæу- уыд æмæ-иу æм лыстæг каст, Оленинæп æй æвдис- 17 Л. Н. Толстой. 257
гæйæ. Ерошкæ ныхас нæ кодта, æрмæст-иу сусæгæй искуы-иу-хатт исты ацамыдта. Цы фæндагыл цыдыс- ты, уый кæддæр уæрдонвæндаг уыд, фæлæ йыл цæ- уæг нал уыд æмæ йыл кæрдæг фæхæцыд. Фæндагæн дыууæрдыгæй цы тæрс æмæ сывылдз хъæд уыд, уый афтæ бæзджын, афтæ цъыхыры сси, æмæ дзы адæй- маг йæ развæндаг нæ уыдта — разæй ницы зынд. Алы бæласыл дæр, искуы-иу йеттæмæ, хъæддаг сæнæфсир стыхст суанг йæ бынæй йæ сæрмæ. Бæлæсты бын зад бæзджын сау какон. Алы гыццыл æрдузы дæр алæ- сæн нæ уыд дзедырæг ,æмæ фæныкхуыз цокораджын хъамылæй. Ранæй-рæтты сырдты стыр фæндæгтæ æмæ кæрчыты, хуынчъыты хуызæн, лыстæг фæндæг- тæ здæхтысты стыр фæндагæй хъæдмæ. Ахæм хъал цæугæ, æнæхæрд, ставд хъæд, фосы къах кæм ни- куыма æрлæууыд, Оленин йæ цæргæ-цæрæнбонты ни- куы федта æмæ йыл дисæй марди. Уыцы хъæд, тас- дзинад, зæронд лæг йæ сусæгдзинæдтæй дзаг сабыр ныхæстимæ, Марьянæ йæ ныфсджын, гуырвидауц су- рæтимæ æмæ хæхтæ, — уыдон иууылдæр цыма йæ фы- ньт уыдта, афтæ зынд Оленинмæ. — Хъæддаг уасæг бæласыл абадт, — фæстæмæ кæсгæйæ сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йæ худ йæ ныхыл авæрдта. — Дæ дзыхыл хæц — хъæддаг уа- сæг, — мæстыйæ Олениныл йæ къух ауыгъта, йæхæ- дæг дарддæр йæ цыппæртыл абырыд. — Адæймаджы дзыхæй се сæфт уынынц. Оленин фæсте аззад: Зæронд лæг ныллæууыд æмæ бæласмæ ракæс-бакæс байдыдта. Куыдз бынæй уæ- лæмæ рæйдта, æмæ йæм уасæг бæласæй фæхъихъ кодта. Оленин уасæджы ауыдта. Уыцы сахат Ерош- кæйы топпы хъæр фæцыд, сармадзаны гæрахыхуызæн. Уасæг стахт, йæ бумбулитæ калгæйæ æмæ зæхмæ æр- хауд. Оленин зæронд лæджы ’рдæм куыд фæцæйцыд, афтæ дыккаг стахти, Оленин топп фелвæста æмæ, уыцы тæхгæ-тæхын, æрмидаргæйæ ныхъавыди æмæ йæ фехсга. Уасæг фатау фæхауд, стæй, бæласы цæнг- тыл йæхи хойгæйæ, зæххы абадт. — Дæ рынтæ мæ гуыбыны! — загъта зæронд лæг, тæхгæ-тæхын æхсын нæ зыдта æмæ йæм дзæбæхау фæкаст. Уасджыты систой æмæ дарддæр араст стьт. 258
Оленинæн уыцы раппæлдæй йæ зæрдæ барухс, ба- хъæлдзæг æмæ зæронд лæджимæ арæхдæр ныхас кæпып байдыдта. — Фæлæу! ацырдæм цом, — йæ ныхас ын цæхкæр фæлыг кодта зæронд; — знон ам саджы фæд федтон. Хъæдæн йæ пыхсбынмæ фæзылдысты æмæ иу æртæ фондзыссæдз къахдзæфы куы акодтой, уæд иу æр- дузмæ бафтыдысты. Æрдуз ранæй-рæтты цъымара бын уыд æмæ дзы хъæз зад. Оленин зæронд лæджы фæстæ баззад. Ерошкæ иу ссæдз санчъехы бæрц раз- дæр уыд, æргуыбыр кодта æмæ Оленинмæ йæ сæрæй æмæ йæ къухæй тилын байдыдта. Оленин куы бахæц- цæ, уæд ын Ерошкæ къухæй лæджы фæд ацамыдта. — Уыныс? — Уынын, æмæ цы? — загъта Оленин æмæ цыма нæ фæтарст, уыйау йæхи зæрдæджын дард кодта. — Адæймаджы фæд у. Оленинæн æваст æвæндоиæй йæ зæрдыл æрба- лæууыд Куперы Патфайндер æмæ абырджытæ. Зæ- ронд лæджы цыды сусæгдзинад уыдта, фæлæ йæ ба- фæрсып æфсæрмы кодта æмæ дызæрдыг кæнын бай- дыдта, уыцы сусæгдзинад, цымæ тасы фæдыл у, æви цуаны æгъдаумæ гæсгæ у? — Нæ, уый мæ фæд у, — сабыргай загъта зæронд лæг æмæ, чысылтæ ма чи зынд, ахæм сырды хъæрау1 фæд кæрдæджы ацамыдта. Зæронд лæг дарддæр араст. Оленин йæ фæстæ. гурæй-гурмæ йе’мцыд кодта. Ссæдз санчъехы акод- таиккой, афтæ, уырдыджы дæлæмæ цæугæйæ, пыхсы мидæг дынджыр пæлæхсар къабузджын кæрдойы бæ- ласмæ бафтыдысты. Бæласæн йæ бын уыд гæмæх, сау зæхх; зæххы — сырды ног багатæ. Бæласыл алырдыгæй сæнæфсиры мæцкъор стыхст æмæ йæ бын, зæрдæмæдзæугæ сатæг, талынггомау, барæй конд æмбæрзт тапкайы хуызæп уыд. — Райсомæй ам уыд, — зæрдæбынæй улæфгæйæ загъта зæронд лæг,— бæрæг у, йæ хуыссæн быиат ног у, рахид кодта. Æвиппайды хæстæгæй, иу дæс къахдзæфы бæрц 1 Зæронд фæд цуапонты æвзагыл. 259
се ’хсæн фехъуыст тыхджын къæрццытæ. Сæ дыууæ дæр фестъæлфыдысты æмæ топпытæм фæлæбурдтой, фæлæ уынгæ ницы кодтой. Сырд цыппæрвадæй тахт æмæ йæ къæхты хъæр æрхъæцмæ фехъуыст, стæй къæрццытæ нал, фæлæ æрмæст гуывгуыв хъуысын байдыдта, æмæ уыцы гуывгуыв дардæй-дарддæр æмæ тынгæй-тынгдæр хæлиу кодта æдзæм хъæды ми- дæг. Афтæ цыма йæ зæрдæйы ауындзæнтæй исты ас- къуыд, уый хуызæн фæци Оленин. Дзæгъæл хуымæ- тæджы ма каст Оленин æнувыдæй тар цъæх хъæды хуылфмæ, кæд ма йæ цæст истæуыл фæхæцид, зæгъ- гæ, фæлæ ницы; æмæ æрæджиау лæгмæ фæстæмæ фæкаст. Ерошкæ цавддуры хуызæн, цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау лæууыд комхæлиуæй. Йæ топп йæ хъæбьгсы, худ йæ къæбутыл, цæстытæ цæхæртæ калд- той æмæ йæ хæлиу дзыхæй мæстьи каст кодтой бур дæндæгты бындзæфхæдтæ. — Car, — зæгъгæ, фæкодта Ерошкæ. Фыр мæстæй йæ топп зæххыл ныццавта æмæ йæ урс рихитæ ивазын байдыдта. — Нæ тæккæ хæд раз лæууыд! Фæндагæй цыд куы фæцаиккам! Мæ сæр сæттинаг у! — Æмæ та мæстыйæ йæ рихитæм фев- пæлдта. — Æдылы сæр у мæ сæр. Хуыйы хъыбыл,— дзырдта Ерошкæ йæхицæй, йæ рихитæ ивазгæйæ, фæриссыны онг. Цыма хъæды сæрты мигъы мидæг цыдæр тахти, уыйау дардæй-дарддæр, тынгæй-тынг- дæр гуывгуыв кодта тарст саджы уад. Дыууæ изæры астæу Оленин фæстæмæ сæхимæ æрбаздæхт зæронд лæджимæ фæлладæй, æххормагæй æмæ тыхджынæй. Се’рбацыдмæ сæ сихор цæттæ уыд. Олеиин Ерошкæимæ бахордта, банызта æмæ чысыл йæхи бахъарм, бахъæлдзæг кодта, æмæ æттæмæ дæл- базырмæ рацыд. Ног та йæ цæстыты раз зæххæй уæ- ларвмæ сфардæг сты бæрзонд хæхтæ хурныгуылæн афои. Ног та зæронд лæг æнæбанцайгæйæ хæссын байдыдта йе’нэекæрон тауырæгътæ: цуаны, абырджы- ты, йæ зæрдиаг уарзонты æмæ йæ рагон æнæмæт, хорз царды тыххæй. Ног та диссаджы рæсугъд Марьянæ дыууæрдæм æттæмæ-мидæмæ кодта кæрт æмæ хæдзары æхсæн. Йæ хæдоны бынæй йæхи æв- дыста æиæцыд рæсугъд чызджы сыгъдæг буар. 260
XX Дыккаг боп Оленин æнæ ’мбалæй, айдагъ иæхæдæг ацыд, car бонасадæн цы ран кодта æмæ кæцæй алыгъд, уырдæм. Дардыл, хъæуы кулдуарыл зилыны бæсты баздæхт, иннæ адæм куыд кодтой, афтæ уый дæр сындзæй æмбæрзт быруйы сæрты ахызт. Сын- дзыл йæ цухъайы фæччи фæхæцыд æмæ, уый куыд уæгъд кодта, афтæ йæ куыдз разæй азгъордта æмæ дыууæ хъæддаг уасæджы стæхын кодта. Куыддæр ка- кæттæм бахæццæ, афтæ алы къахдзæфæн дæр кæр- чытæ тæхын байдыдтой (зæронд лæг ын барæй нæ фенып кодта уыцы арæхджын бынат, йæхæдæг дзы пунæгæй ацуан кæнынмæ хъавыд). Оленин дыууадæс æхстæы фондз уасæджы амардта æмæ, какæтты æх- сæн уыдон фæдыл ратæх-батæх кæнгæйæ афтæ ба- фæлмæцыд, æмæ йæ хид йæ къæхты бынæй донау мызт. Оленин йæ куыдзмæ фæдзырдта, йæ топ- пы сампалтæ æруагъта, картечы фæстæ топпы хæ- тæлты нæмгуытæ ныкъуырдта æмæ, цухъайы дысæй къогъотæ сургæйæ, зноны бынатмæ сабыргай араст. Фæндагыл куыдзæн бауромыны амал нæ уыд, йе ’гъдау кодта, агургæ цыд фæдмæ гæсгæ, æмæ ма дыууæ уасæджы амардта. Уый адыл афæстнат æмæ зноны бынатмæ æрмæст æмбисбон бахæццæ. Бон уыд тынг ирд, æнæ дымгæ æмæ æнтæф,æнуд. Райсомы уазал хъæды мидæг дæр нал кодта, æмæ дуне къогъотæ уыцы гуппарæй бадтысты адæймаджы цæсгомыл, фæсонтыл æмæ къухтыл. Куыдз йæ сау- хуыз цъæхæй аивта; йе рагъ къогъойæ нал зынд Цухъа дæр афтæ, уый дæр къогъо хуыз сси. Сæмарг- джын фат сын цухъа дæр нæ урæдта. Оленин йæ сæ- рæн хос нал ардта æмæ лидзынæрдæм йæ хъус адардта. «Хъæуы мидæг сæрд фæцæрæп нæй», — зæгъгæ, загъта йæхи ыымæры. Фæстæмæ сæхимæ цæ- уыныл фæци, фæлæ куы ахъуыды кодта, уæдæ дзы иннæ адæм куыд цæрыпц, куыд фæразынц, уæд, лæг ма фæцаии, зæгъгæ, бауынаффæ кодта бабыхсын æмæ йæхи къогъоты бар ныууагъта. Стыр диссаг æм цы фæкаст, уый — æмбисбонмæ къогъойы хæст æмæ буары дыздыз хъыг нал, фæлæ йæм æхсызгон кæсын 2(П
байдыдтой. Афтæ дæр ма йæм зынд: къухы бын хи- дæй дзаг цæсгомыл лæхъир хуыссæйау чи хæцыд, уыцы къогъойы æфсæдтæ æмæ уыцы буары хъыгда- рæг дыздыз куы нæ уыдаиккой, уæд амы хъæд йæ цæсты афтæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ нал уы- даид. Ахæм зонд æм æрцыд, уыцы æнæнымæц къо- гъойы æфсæдтæ æмæ алыхуызон сасчъы мыккаг цы- ма тынг хорз фидыдтой ацы зайæгхалæй хъæздыг, рæсугъд бæстимæ, уыйау; фидыдтой, хъæды æмыз- мæлд цы сырдтæ æмæ мæргътæ кодтой, уыдонимæ дæр; фидыдтой ацы тарбын зайæгхалимæ æмæ æх- сызгон тæфгæнаг тæвд уæлдæфимæ; фидыдтой, Тер- кæй чи лæдæрсы, уыцы лакъон гыццыл дæттимæ, кæмдæр бæлæсты сыфтæрты бын хъуырхъуыр гæнгæ чи згъоры. Уыдæттæм гæсгæ, Оленинмæ фыццаг æв- зæр æмæ иттæг зын чи каст, уый йæм ныр дзæбæ- хау кæсын байдыдта. Зноны бон сырд цы ран федтой, уымыты азылдтытæ кодта æмæ куы ницæуыл фем- бæлд, уæд æй йæ фæллад суадзын æрфæндыд. Хур йæ тæккæ комкоммæ хъæды сæрмæ лæууыд æмæ йæ судзаг тынтæ æмраст цыхцырæгау Оленины фæсонтæ æмæ сæрмæ сарæзта, фæндагмæ, кæнæ-иу æрдузмæ куы бафтыд, уæд. Авд уæззау хъæддаг уасæджы йын сæ уæзæй, рон дæлæмæ ивазгæйæ, йæ астæу риссын кодтой. Оленин зноны саджы фæд бацагуырдта, пых- сы къудзийы быпмæ бабырыд, раст знон car кæм хуыссыд, уырдæм; уьш саджы хуыссæн-ы цур йæхи æруагъта æмæ бонасадæн кодта. Йæ алфæмблай тар- бын зайæгхалыл йæ цæст ахаста, æркаст саджы хуыссæнмæ, йæ фаджысмæ, йæ зонгуыты фæдмæ; æркаст, car кæй стыдта, ахæм сау нæууы гæппæлмæ æмæ йæхи зноны фæдмæ, йæ бадæн бынат сатæг æмæ зæрдæмæдзæугæ уыд. Ацы сахат ницы хъуыды код- та, йæ зæрдæ дæр ницæмæ æхсайдта, ницы агуырдта. Æвиппайды, æнæ исты æфсонæй, ахæм æнахуыр амонд æмæ уарзондзинад йæ зæрдæ бандæвта алцæ- мæ дæр æмæ алкæмæ дæр, æмæ, сывæллонæй нырмæ цы ’гъдауыл ахуыр уыд, уымæ гæсгæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтауын æмæ кæмæндæр арфæ кæнын бай- дыдта. Æвиппайды йæ сæры абадт ахæм бæлвырд, æцæг, æргом зонд, зæгъгæ, мæнæ æз, Дмитрий Оле- 262
нин, иннæ цæрджыты хуызæн нæ, фæлæ æндæр цы- дæр, хуыздæр, хицæн тугæй конд, хуыссын ныр зы- быты иунæгæй, хуыцау зоны кæм, дзæгъæл бæсты, чи зоны, æмæ адæймаджы йæ цæстæй дæр чи никуы федта, уыцы зæронд рæсугъд car кæм цард, адæйма- джы къах кæм никуы никæд æрлæууыд, æмæ афтæ мæ хуызæн кæм никуы ничи ма хъуыдытæ кодта. «Бадын æмæ мæ алфæмблай лæууынц зæронд æмæ тала бæлæстæ; уыдонæй сæ иуыл стыхст хъæддаг сæнæфсиры мæцкъортæ æмæ къалиутæ, мæ цуры хæс- тæг, знæт фосау, змæлынц æмæ кæрæдзи расур-басур кæнынц хъæддаг уасджытæ æмæ, æвæццæгæн, æмбу- дынц сæ мард æфсымæрты». Оленин аскæрста йæ уасджыты, æркасти сæм æмæ йæ хъарм тугæйдзаг къух йæ цухъайыл асæрфта. «Æмбудынц сæ, æвæц- цæгæн, хъæддаг куыйтæ дæр æмæ, сæ къухы кæй ни- цы бафтдзæн, уый æмбаргæйæ, тæргай хуызы иннæ фарсырдæм азылдысты. Мæ цуры сыфтæрты æхсæн- тæй тæхынц æмæ, уæлдæфы мидæг зилгæйæ, дывдыв кæнынц къогъотæ. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, фондз- ыссæдз, мин, милуан къогъойы — сеппæт дæр истæй дымæгмæ, исты ныхæстæ кæнынц мæ цуры, æмæ сæ кæцыдæриддæр, сæ алчидæр йæхи хуымæтæджы исты нæ хоны, фæлæ, мæнæ мæнау, бæрæг цыдæр, иннæ- тæй уæлдай, йæхи хицæн Дмитрий Оленин хоны. Оле- нин дзæбæх бамбæрста, къогъотæ цытæ хъуыды кæ- нынц æмæ цæй фæдыл дывдыв кæнынц, уый. «Ардæм, ардæм, фæсивæд! мæнæ цы хольи ссардтам», — сæ дывдывгæнаг æвзагæй дзырдтой къогъотæ æмæ æм- бырдтæ кодтой Олениныл. Дзæбæх бамбæрста, уы- рыссаг уæздан лæг кæй нæу, Мæскуыйы къорды уæнг дæр кæй нæу, уый, æмæ уый хæстæг кæй нæу, фæлæ, йæ алфæмблай цы къогъо, уасæг, кæнæ car цæры, уыдонæй уæлдай кæй ницы у, уыдонимæ иу кæй сты, хъаджыдæр сæ кæй нæй. «Уыдон хуызæн, уыдон æгъдауыл æмæ Ерошкæйы хуызæп æз дæр ацæрдзынæн æмæ амæлдзынæн. Раст загъта Ерошкæ, топпы фаты хуызæн, æрмæст ма кæрдæг разайдзæн». «Æмæ цы, кæдкæрдæг разайдзæн, уæд—хъуыды кодта дарддæр Оленин. — Уæддæр цæрын хъæуы, уæддæр амондмæ бæллын хъæуы, уымæн æмæ мæ 263
зæрдæ æрмæст иунæг хъуыддаг агуры — амонд. Цыдæ- риддæр уон—хъаджыдæр нæу: сырдæй мæнæй цы уæл- дай ис, иу стæм, уæдæ цы стæм, неппæт дæр уыцы иу ранмæ цæуæм, æрмæст кæрдæг кæм разайдзæн; фæлæ, кæд мæм хуыцауы тæф хæццæ кæны, уæддæр, амал æмæ гæнæн цас уа, уый бæрц хуыздæр æмæ хуыздæр цæрын хъæуы. Цæмæй амондджын уа адæймаг, уый тыххæй куыд цæрын хъæуы? Цымæ ныронг цæуылнæ уыдтæн амондджын?» Æмæ йæ ныронджы царды хъуыддæгтæ æрæмысыд, *æмæ йæхæдæг йæхимæ æгад æркаст. йæхимæ тынг хи уарзон адæймаг кæсын байдыдта, афтæмæй та, лыстæг æркæсгæйæ, йæхи удæн ницы агуырдта, пицы йæ хъуыд. Йæ алфæм- блай æдзух алырдæм каст: рæсуг зайæгойтæм, чи фæ- къул, уыцы хурмæ, ирд, сыгъдæг арвмæ æмæ йæхимæ пыронджы хуызæн амондджын каст. «Цæмæй дæн цымæ амондджын æмæ ныронг цæмæн цардтæн, мæ цард цæй фæдыл уыд? — ахъуыды кодта йæхи нымæ- ры. — Куыд хиуарзон уыдтæн æмæ куыд домаг, куыд тыхтонагæнаг уыдтæн мæхи уды дзæбæхдзинады тыххæй, афтæмæй кæнгæ та уæвгæ ницы скодтон, ху- динаг æмæ зæрдæнизы йеттæмæ! Мæнæ мæ куыд нп- цы хъæуы амонд ссарынæн!» Æмæ æвиппайды цыма райгас æмæ йæ разы ног дуне, ног цард æрбалæу- уыд, уый хуызæн фæци. «Амонд уый у, — зæгъгæ, загъта хи нымæры, — æмæ адæймаг йæхн уды тых- хæй нæ, фæлæ иннæты тыххæй куы цæра, уæд. Уый æцæг афтæ кæй у, уый æргом у, гуырысхойаг нæу. Амонд домын, амондмæ бæллын адæймагæн йæ уды хъæды ис, æрдзæй йæ рахаста, йæ мады гуыбынæй æмæ йын аппарæн нæй, царды æвæрды мидæг ис. Уыцы амонд адæймаг æрмæст хи уарзондзинады фæ- дыл куы араза, уæд æй агурын хъæуы йæхи тыххæй хъæздыгдзинад, кад, цыт, дзæбæх, æнцон царды уаг; фæлæ цард афтæ æрзилы æмæ уыцы хъуыддæгтæ, уыцы фæндонтæ адæймаджы къухы нæ фефтынц. Уы- мæ гæсгæ ахæм зæрдæвæндон хъуыддæгтæ царды æгъдауы нæ цæуынц амонды хуызæн, бæллын кæмæ хъæуы æмæ а.гурын кæй хъæуы. Уæдæ кæддæриддæр кæцы зæрдæвæндон хъуыддæгтæ бафтдзысты къухы алы царды æгъдауы, алы царды фадæтты мидæг 264
дæр? Уарзондзинад æмæ хи сæрвæлтау кæнын пскæй дзæбæхдзинады тыххæй! Оленинæн йæ туг базмæлыд, бацин кодта, ахæм ног хорз бæллиццаг æм кæй æр- цыд, ахæм ног æцæг царды дæгъæлыл кæй фæхæст, уый тыххæй. Йæ мидбынаты фæгæпп кодта æмæ цы- бæлæй агурын байдыдта, йæ уд кæй тыххæй радта, хорздзинад кæмæн ракæна, кæй бауарза, уый. «Хп уды къоппайы ницы хъæуы, — ахъуыды кодта хи ны- мæры уый,—уæд цæй тыххæй хъуамæ ма цæра адæймаг иннæты тыххæй?» Йæ топп йæ къухмæ райста, пыхсæй æттæмæ рацыд æмæ æнæ бафæстиа- тæй сæхимæ цæуынвæнд скодта, уыдæттæ йетты тых- хæй дзæбæхдæр асагъæс, ахъуыды кæнын æмæ исты хорз исремæн ракæныны тыххæй. Æрдузмæ куы ра- цыд, уæд фæстæмæ иу каст фæкодта: хур бæлæсты цъуппыты сæрмæ нал зынд, уазалдæр кæнын байдыд- та, цы ран уыд, уый дæр æм куыддæр æнахуыр, æнæзонгæ фæкаст, цьша йæм йæ раздæры хуызæй ницы уыд, уыйау. Æвиппайды рæстæг дæр æмæ хъæд дæр сæ хуыз аивтой, арвыл мигъ бадын байдыдта, дымгæ къуыскъуыс кодта æмæ бæлæсты цъуппытæ змæлыдысты, йæ алфæмблай ма æрмæст зындысты хъамыл æмæ уадсаст зæронд бæлæстæ хъæды мидæг. Оленин йæ куыдзмæ хъæр кæнын байдыдта, йæ цу- рæй цавæрдæр сырды фæдыл азгъордта, æмæ йæм йæ хъæры æгъдау, цыма æдзæрæг бæсты цард, уыйау фæкаст. Æвиппайды тасы бацыд—зæрдæ фæтарст. Йæ сæры абадтысты абырджытæ, лæджьт мæрдтæ æмæ йæм мидæгæй йæ зæрдæ сдзырдта: ныртæккæ къу- дзиты бынтæй цæцæн гæппытæ кæнып байдайдзысты æмæ flbijï cay бон бакæндзæн, кæнæ мæльш—кæнæ йæ йæхи баиргъæвын хъæудзæн. Рагæй-æрæгмæ чи ни- куыуал æллæууыд йæ зæрдыл, уыцы хуыцау æмæ йæ мæрдтæмвæндаг йæ цæстытыл ахъазыдысты. Р1æ ал- фæмблай бæстæ уыцы æнкъард, æнтъыснæг æмæ карз хуызы мидæг уыд. «Æрмæст хи уды тыххæй фæцæр, уый бæззы, уый аккаг у адæймагæн? Мæлæт дæ фындзы хъæлыл лæууы æмæ кæд æрбамæлдзынæ, кæд фæцъынд уыдзынæ, уый ма зон, афтæмæй ма макæмæн мацы хорздзинад ракæ дæ дунейыл æмæ искуы, мачи дæ базона, афтæмæй амæл, уый, лæджы 265
хуызæн лæгæн, аккаг нæу». Оленин зæрдаивæй хъæ- уы ’рдæм араст кодта. Цуан кæнын йæ зæрдæйы кæ- рон дæр нал уыд, тынг æнæгъдау бафæлмæцыд, алы къудзи, алы бæласмæ æнувыд, сырддзастæй фæкæс- фæкæс кодта, тæрсгæ-ризгæйæ, катайтæ гæнгæ, гъе ныр мæ раны дæн, мæ мæлæты сахат æрцыди, зæгъ- гæ. Дзæвгар фæратæх-батæх кодта, стæй æрæджиау иу донхорыгмæ бафтыд, Терчы змисджын уазал дон кæм цыд, ахæммæ, æмæ, цæмæй дарддæр йæ фæнда- гæй ма фæдзæгъæл уа,* уый адыл донхорыджы был- тыл цæуынвæнд скодта, кæдæм æй ныххæццæ кæн- дзæн, уымæн йæ бæрæг бæлвырд нæ зыдта, афтæ- мæй. Æвиппайды фæсте хъамылы къæрццытæ фæ- цыд, Оленин фестъæлфыд, йæ уд йæ къæхты бынæй ауад æмæ топпмæ фæлæбурдта. Стæй йæхæдæг йæ- хицæй æфсæрмы кæнын байдыдта: фæсте куыдз, æн- тæфы мидæг лæфлæф гæнгæ æрбахæццæ, уазал дон- мæ йæхи баппæрста æмæ йæ стæрын байдыдта. Оленин дæр дон банызта, æмæ йæ фæдыл араст> йæ зæрдæйæ загъта, куыдз æй хъæумæ бахæццæ кæндзæн. Куыдз дæр ныфсæн æххуыс у, фæлæ йæ алфæмблай бæстæ æнтъыснæгæй-æнтыснæгдæр код- та. Хъæд фæтардæр, дымгæ тыхджынæй-тыхджын- дæр кодта бæлæсты сæрмæ. Дынджыр мæргътæ зилдух кодтой сæ ахстæтты алфæмблай. Зайæ- гой куыдфæстæмæ къаддæр кодта, арæхдæр зынын байдыдтой сырсыргæнаг хъамыл æмæ змисджын хус æрдузтæ. Дымгæйы къуыззнтт æмæ сыфсыфыл ма бафтыд ноджы цавæрдæр зæрдæ мæгуыргæнæн, хъа- рæджы хуызæн, ниуын. Зæрдæмæ рухсы цъыртт ни- кæцæй цыд, тар мигъ ыл æрбадт. Фæсте, йæ чъыл- дымыл, мард хъæддаг уасджытæ аскæрста æмæ дзы ну уым нал разынд: аскъуыд æмæ кæмдæр фесæфт, æрмæст ма йæ тугæйдзаг къубал æмæ сæр ронбас- ты мидæгæй хæрдмæ хъилæй лæууыдысты. Йæ дуне- йыл кæй никуы бавзæрста, ахæм тасы мидæг бацыд. Хуыцауæн кувын байдыдта æмæ иу хъуыддаг йæ зæрдæмæ хаста: искæмæн æнæ исты хорздзинад ба- кæнгæйæ, куы амæла. Цæрын æй тынг æрфæндыд, иттæг тынг, кæд ын искæй дзæбæхдзинады тыххæй йæ сæр нывондæн æрхæссыны фадат æрцæуид. 266
XXI Æваст, хуры рухсау, срухс йæ зæрдæ. Оленин фс- хъуыста уырыссаг ныхас, фехъуыста Терчы доны тагъд æмæ æмхуызон цыд: дыууæ къахдзæфы дард- дæр, разæй фæзынд Терк йæхæдæг, йæ бур донимæ, фæзындысты кæрæтты æмæ тæнджыты, хуылыдз змисдзæстытæ, фæзындысты лæгъз быдыртæ дардæй, посты фæлгæсæн, посты бæх, æд саргъ, æртыкъахыг сахсæнимæ какæтты æхсæн, æмæ хæхтæ. Сыгъзæрии- хуыз хур мигъы æхсæнæй æрхъæцмæ фæзынд æмæ фæстаг хатт йæ хъæлдзæг тынтæй ферттывта дон-дон дæлæмæ; срухс кодта хъамыл, хъазахъы фæлгæсæн æмæ хъазахъæн сæхи. Хъазахъ иу ран дзыгуырæй лæууыдысты æмæ уьгдон æхсæн Лукашкæ йе уæнгты æвæрд æмæ йæ хъæлдзæгдаинадæй æвæндонæй Олени- ны йæхимæ æркæсын кодта. Оленин та дзыхъынногæй, æнæ исты æфсонæй, бахъæлдзæг æмæ та йæхи стыр амондджыныл баны- мадта. Фаллаг фарс, цæцæйнаг хъæуы æрбардыгæй, йе’рбакомкоммæ ацы фарс, Терчы былыл æмраст Нижне-Протоцкий постмæ бацыд. Хъазахъæн уе зæртæ хорз, зæгъгæ, загъта, фæлæ хорздзинад цæй æфсон, цæй фæдыл искæмæн ракодтаид, ахæмæй ни- цæуыл фæхæст æмæ дарддæр уатмæ бацыд. Уаты дæр афтæ—ницы æфсон ссардта. Хъазахъ æм дзæ- бæх цæстæй нæ ракастысты. Уатæй сахъари хæдзар- мæ бацыд æмæ пъапъироз ссыгъта. Хъазахъ ыи ам дæр ницы уыйас æгъдау радтой, иуæй, тамако кæй дымдта, уый тыххæй, иннæмæй уыцы изæр сæхи цæ- мæй ирхæфстой, ахæм хуыддаджы мидæг уыдысты. Хохæй æрцыдысты сæ чегъыреимæ, уырысы ныхмæ чи лæууыд, ахæм цæцæйнæгтæ, хъазахъ цы абырæджы амардтой, уымæн йæ хæстæджытæ, сæ мард балхæ- нынмæ. Хъæуæй хицæуттæ æрбацæуинаг уыдысты æмæ уыдон æрбацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Мар- дæн йе ’фсымæр уыд бæрзонд, гуырвидауц адæймаг, æлвыд сырх ахуырст зачъетимæ. æмæ, кæд скъуыд- тæ цухъа æмæ худы мидæг уыд, уæддæр, паддзахы хуызæн, йæ сæр сæрмæ чи хаста, ахæм уыд. Цæсго- мæй—раст йе’’фсымæры цæрмээстыгъд бакодта. Цыма 267
пикæуыл æрвæссыд, уый дард кодта йæхи, дзæгъæл кæстытæ нæ кодта, мардмæ дæр никуы бакаст, æр- мæст аууоны дзуццæджы бадт, тутæ кодта, лулæ дымгæйæ, æмæ-иу искуы-иу хатт йæ коммæгæсаг æм- балæн иу-дыууæ барджын ныхаоызагъта. Бæрæг уыд, алцæмæй дæр car лæг кæй уыд, уый, уырысимæ дæр бирæ хæттыты чи авзæрста, чи фæныхæй-пыхмæ, ахæм, æрмæст æндæр хуызы, æндæр æгъдæутты æмæ фадæтты мидæг. Цæуыл бадис кодтаид, цы нæ федта уырысимæ, ахæмæй сæм ницы уыд æмæ оæ, уымæгæс- •г.æ, хъуыды дæр нæ кодта. Оленин, мардмæ бакæсон, зæгъгæ, бацыд, фæлæ йæм мардæн йе ’фсымæр зæр- дæджын æмæ æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст йе ’рфгуыты сæрмæ æмæ мæсты хуызæй цæхкæр цыдæр загъта. Чегъыре уыцы сахат цухъайæ марды цæсгом бамбæрзта. Оленин стыр дис фæкодта цæцæйнаджы барджын æмæ карз цæсгомы ахастыл. йемæ аныхас кæнын æмæ йæ афæрсынмæ хъавыд, кæцы хъæуккаг дæ, зæгъгæ, фæлæ йæм цæцæйнаг æнтъыснæг, æлгъаг цæстæнгасæй зулаив бакаст, ыытту кодта, йæхи фæ- тигъ кодта æмæ иннæрдæм аздæхт. Хохаг æй кæй ницæмæ æрдардта, уый йæм ноджыдæр диссагдæр фæкаст, фæлæ æнцондæры тыххæй йæхицæн зæрдæ- тæ авæрдта æмæ йæ кæй не ’рхъуыды кодта, уый йын æдылыдзинад æмæ æвзаг нæзоныныл банымадта. Йе’мбал уьпд чегъыре æмæ тæлмац, хæррæгъты мидæг, иннæйы хуызæн бурхил нæ, фæлæ саулагъз, гæды- вад, ратас-батасгæнаг, миты хуызæп урс дæндæгтæ æмæ- æрттиваг цæстытимæ. Чегъыре æнæ1 зивæгæй, ра- зæнгардæй йемæ ныхас кæнын байдыдта æмæ дзы пъапъироз ракуырдта. — Адон уыдысты фондз æфсымæры, — раныхас кодта чегъыре, хохаг здæхтæй, .æрдæгдзæфтæй, — гъе иыр æртыккаг æфсымæр мард фæци уырысы къухæй, дыууæйæ ма баззадысты. Ай стыр сахъ, стыр лæджы- хъæдджын адæймаг у, — загъта чегъыре цæцæйнагæи. Ахмед-ханы (афтæ хуыдтой марды) куы амардтой, уæд уый фаллаг фарс хъамылы бадти; йæхи цæстæй федта, бæлæгъы йæ куыд цæвæрдтой æмæ йæ ацы фарсмæ куыд раргъæвтой, уый. Бон сау-изæрмæ уым 268
фæбадти. Зæронд лæджы марынмæ хъавыд, фæлæ йæ иннæтæ нæ бауагътой. Лукашкæ ныхасгæнджытæм йæхи баласта æмæ сæ цуры æрбадт. — Кæцы хъæуккаг уыдзыстут? — афарста сæ уый. — Уæртæ, уыныс, уыцы хæхтæй, — радта йын дзуапп чегъыре æмæ йæ къухæй ацамыдта, донæн уы- цы фарсырдьигæй цъæх мигъ цы комы бадт, уьгмæ. — Суюк-оу зоныс? Ардыгæй йæм дæс версты уыдзæн. — Суюк-суйы Гирей-ханы нæ зоныс? — афарста Лукашкæ хи æппæлæгау, ахæм зонгæ йын кæй ис, уымæй, — мæнæн мæ хæлар лæг у. — Мæ тæккæ сыхаг, — дзуапп радта чегъыре. — Уый хорз уæдæ. — Æмæ Лукашкæ тæтæйрагау зæрдиагдæрæй ныхас кæнын байдыдта тæлмацимæ. Чысыл фæстæдæр бæхтыл æрбахæццæ сты сотник æмæ хъæуы хицау дыууæ хъазахъаджимæ. Сотник, æрæджы йæхи хъазахъыл чи ныффыссын кодта, ахæм уыд. Æгъдаумæ гæсгæ, хъазахъагæп «дзæбæх ут», зæгъгæ, загъта, фæлæ йын фæотæмæ салдæгтæ куыд фæзæгъынц: «Æнæниз ут, уæ бæрзонддзинад», зæгъ- гæ, ахæм дзуапп пичи радта, æрмæст ын иугæйттæ сæ сæрæй акуывтой, куыд зонай, уыцы æгъдауæй. — Чидæртæ Лукашкæимæ сыстадысты æмæ, куыд æмбæ- лы, афтæ раст алæууыдысты, сæхи уæлæмæ ивазгæйæ. Урядник ын фехъусын кодта, пост æвыд, æпæ фыд- былыз кæй у, уый. Уыдæттæ иууылдæр Оленинмæ худæг фæкастысты, цыма хъазгæ кодтой, уыйау сал- дæтты, хынджылæггæнæгау, фæзмыдтой. Стæй хицоп митæ æмæ иыхæстæ кæнын байдыдтой. Сотник рæвдз, сæрæн адæймаг чи уыд, ахæм уыд, æмæ тæтæйрагау къæрцц-къæрццæй ралæууыд ныхас кæныныл тæлма- цимæ. Цыдæр гæххæтт та фыстой, тæлмацмæ йæ рад- той æмæ марды койыл фесты. — Гаврилов Лука та уæ чи у? — загъта сотник. Лукашкæ йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. — Дæу тыххæй æз полчъьг хицаумæ гæххæтт ар- выстон. Цы дзы рацæудзæн, уый бæлвырдæй мæхæ- дæг дæр нæ зонын. Æз дæ крестмæ бавдыстон, уряд- никæн нырма æгæр лæппу дæ. Чиныджы зоныс? 269
— Нæ зонын. — Car гуырд чи у, ахæм у! — загъта сотник, стыр хицауы дзыхы уагæй. — Дæ худ ныккæ. Кæцы Гав- риловтæй у, цымæ? Широкæйы, мийаг, ма уæд? — йе ’фсымæры лæппу у, — радта йын дзуапп урядник. — Марадзут, фæкæсут сæм, — бадзырдта хъазахъ- мæ сотник. Лукашкæйæн фыр цинæй йæ цæсгом срухс æмæ, цы уыд, уымæй рæсугъддæр зынд. Урядникæй йæхи аласта, йæ худ акодта æмæ та фæстæмæ Оленины фарсмæ æрбадт. Марды бæлæгымæ куы бахаютой, уæд йе ’фсьшæр доны былмæ бацыд. Хъазахъ сæхи фæйнæрдæм айс- той æмæ йын фæндаг радтой. Уый йæ иу къахæй йæ- хи фехста æмæ бæлæгъы алæууыд. Оленин æй хъуы- ды дардта, æмæ æрмæст гъе уæд фыццаг хатт цырд йæ цæст ахаста хъазахъыл æмæ йе ’мбалы цыбыр цæмæйдæр афарста. Йе ’мбал ын фæстæмæ цыдæр загъта æмæ Лукашкæйы ацамыдта. Цæцæйнаг æм уыцы иу каст фæкодта, сабыргай иннæрдæм азылд æмæ донæн йæ фаллаг фарсмæ кæсын байдыдта. Знаджы охыл, знаджы цæстæй нæ, фæлæ уазал, æл- гъаджы цæстæнгасæй бакаст цæцæйнаг фæстаг хатт. Æрæджиау ма цыдæр загъта. — Цы загъта, цы? — афарста Оленин гæдывад тæлмацы. — Твоя наша бъет, наша ваша карабчит. Все одна хурда-мурда, — ракодта чегъыре, хъазгæ ’мха- сæн, сайæн, былæлгъты ныхæстæ, йæ урс дæндæгтæ æвдисгæйæ, æмæ бæлæгъмæ багæпп кодта. Марды æфсымæр бæлæгъы бадт æнцад-æнцойæ, æнæ дзургæйæ æмæ æдзынæгæй каст фаллаг фарсмæ. йæ хуылф дзаг уыд мастæй, йæ цæстытæ рыстысты ацы сахат адæмы уындæй, æрмæст йæ хуылфмæ каст, æндæр йæ зæрдæ ницæимæ дзырдта. Чегъыре бæ- лæгъы кæрон лæууыд, æмæ, фæйлауæп фийагæй дыууæрдæм рæвдз æвналгæйæ, бæлæгъ размæ тардта, æмæ æппынæдзухæй ныхас кодта. Бæлæгъ допы цæх- кæрмæ зулаив цыд æм-æкуыд ф-æстæмæ, сæ бæхтæкæм лæууыдысты, уырдæм бацыдысты. Уым марды бæлæ- 270
гъæй раргъæвтой æмæ йæ бæхыл сæвæрдтой. Бæх, мардæй тæрсгæйæ, иу ран нæ лæууыд, йæхи раппар- баппар кодта. Мард ласджытæ бæхтыл сбадтысты æмæ сау цыдæй, хъæуы фæрсты цы фæндаг цыд, ууыл- ты араст кодтой. Хъæуæй сæ размæ бирæ мæрддзыгой рацыд. Донæн ацырдыгæй фарс хъазахъ иттæг хъæл- дзæг уыдысты. Алырдыгæй хъуыст худын æмæ хъазæн иыхæстæ. Афицер, сотник æмæ хъæуы хицау хæдзар- мæ бацыдысты аминас кæнынмæ. Лукашкæ хъæлдзæг цæсгомимæ йæхи барæй æмбаргæ дард кодта, йæ хъæлдзæгдзинад цæсты куыннæ ахадыдтаид, уый тых- хæй; афтæмæй Оленины цур бадти æмæ, йæ цæнгтæй йæ уæрджытыл æнцайгæйæ, къæцæл амадта. — Тамако та цæмæн дымыс? — загъта Лукашкæ, цыма йæ не ’мбæрста, уыйау: — цы хорздзинад æм ис? Оленин иунæг, æцæгæлон кæй уыд хъазахъы æх- сæн æмæ йæм уый чысыл хардзау кæй каст, уымæ гæсгæ, Лукашкæ, аирхæфсон æй, зæгъгæ, йæм йе ’взаг æруагъта æмæ йæ дзырдтыл дардта. — Афтæ йыл фæцахуыр дæн, — дзуапп ын радта Оленин.—Æмæ цы кæны? — М-м-м! Махæй исчи куы дымид, уæд ыл мæгуы- ры бон бакæнид, адæм æй сæ уæлныхты ахæссиккой, мысты хуынкъ æртæ чъирийæ агурид. Уæртæ хæхтæ уыныс, хæстæг цыма сты,—загъта Лукашкæ, коммæ амонгæйæ, — фæлæ сæм нæ бахæццæ уаис!.. уæд ды уæхимæ иунæгæй куыд ацæудзынæ, мæйдар куы у! Кæд дæ фæнды, уæд дæ æз бахæццæ кæндзынæн, æр- мæст урадниккæй ракур. «Цы сахъ гуырд у!» ахъуыды кодта хи нымæр Оле- нин, хъазахъаджы хъæлдзæг цæсгоммæ кæсгæйæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Марьянæ, Лукашкæ йын куыд ба- кодта, кулдуары фæстæйæ сæм иуы хъуыста, уæд, æмæ Лукашкæйæн тæригъæд кæнын байдыдта, æнахуыргонд кæй у, уый тыххæй. «Стыр диссаг та куыннæ сты адæм, æвæдза! Уымæй æдылыдæр, уымæй æнæзонддæр хъуыддаг ма цы уа, — хъуыды кодта хи нымæры Оле- нин. — Иу иннæйы амардта æмæ йæхи амондджын хо- ны, цыма иттæг хорз хъуыддаг бакодта, уый хуызæн. Куыннæ йæм дзуры, цьшæ, й,æ зæрдæ, ам цæуыл ба- цин чындæуа, ахæм хъуыддагæй дзы куы ницы ис! Ис- 271.
кæй амар, уым амонд нæй, фæлæ искæй сæрыл дæхи нывондæн æрхæсс, искæй тыххæй дæ уд суæлдай кæн, амонд уым ис, уым». — Гъе, дæхи хъахъæн ныр, мæ лымæн! — загъта хъазахъæй иу, марды фæдыл чи ацыд, уыдонæй: — федтай, дæу тыххæй куыд афарста, уый? Лукашкæ йæ сæр фæхъил кодта. — Me ’мдзуарджынæй зæгъыс, мийаг? — дзуапл ын радта Лукашкæ. Уыцы номæй хуыдта, цы цæцæй- наджы амардта, уый. — Æмдзуарджын нал сыстдзæн, фæлæ дын йæ сырхрихиджын æфсымæр фадат ран, лæг циу, уый ба- цамондзæн. — Йæхæдæг удæгасæй, æиæ фыдбылызæй кæй аир- вæзт, уымæй бузныг уæд, — загъта Лукашкæ худгæйæ. — Цин та ма цæуыл кæныс? — афарста йæ Оле- нин. — Де’фсымæры дын куы амарттаид, уæд дын, æвæццæгæн, тынг æхсызгон нæ уыдаид. Хъазахъаг Оленинмæ худæндзастæй каст: Оленин ын цы зæгъынмæ хъавыд, уый йын цы бамбарын хъуыд, фæлæ ахæм зондыл лæуд нæ уыд, ахæм хъуы- дытæ йæ caepiMiae дæр нæ хаста. — Уæдæ куыд! Нæй гæнæн, æнæ афтæ дæр! Уыдок махæй къаддæр нæ марынц; нæ ныл ауæрдынц, ма тæрс! XXII Сотник хъæуы хицауимæ бæхтыл аивгъуыдтой. Оленин, Лукашкæйы зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, стæй æнæуый дæр æхсæвыгон иунæгæй тар хъæды цæуып дæр æм цас хорз кастаид, æмæ, уымæ гæсгæ, урядник- кæй Лукашкæйы йæхицæн æмбалæн ракуырдта. Уряд- пик æй суæгъд кодта. Оленин афтæ æнхъæл уыд, Лу- кашкæ Марьянæйы фендмæ бæлдзæн, æнæуый дæр ахæм хæрзуынд, зæрдæмæдзæугæ, дзыхарæхст æмба- лимæ цæуып æм дзæбæх каст. Лукашкæ æмæ Марьянкæ йæ цæстытыл хъазыдыс- ты, йæ сæрæй цух нæ кодтой, æмæ уыдонимæ й,æ зæр- дæ кæй дзырдта, уый йын æхсызгон уыд. «Уый Ма- рьянæйы уарзы, — хъуыды кодта йæхи нымæры Оле- 272
нин, — фæлæ йæ цыма æз дæр бауарзин, уыйау мæм кæсы». Æмæ, кæй никуы ма бавзæрста, ахæм цавæр- дæр тыхджын зæрдæйы фæлмæндзинад банкъардта, тар хъæды мидæг куы фæцæйцыдысты, уæд. Лукаш- кæйæн дæр йæ зæрдæ хъæлдзæг уыд. Цыма уыцы дыу- уæ æцæгæлон лæппу адæймаджы кæрæдзийæн фæад- джын сты, се’хсæн цыма уарзопдзииады хуызæн цы- дæр бацыд, афтæ уыдысты ацы сахат. Кæрæдзимæ-иу куы фемдзаст сты, уæд-иу сæм худын æрцыд. — Дæу кæцы кулдуарыл бацæуын хъæуы? — яфарста Оленин. — Астæуккагыл. Æз дæ уæддæр уартæ цъыфдзаст- мæ бахæццæ кæндзынæн. Уырдыгæй фалæмæ мацæ- мæй уал тæрс. Оленин бахудт. — Æмæ дæ зæрдæйæ тæрсгæ, мийаг, кæнын? Аз- дæх фæстæмæ, бузныг. Æз иунæгæй дæр ацæудзынæн. — Нæ, ницы кæны! М.æ куыстытæ дын, мийаг, куы нæ кæнын. Стæй тæрсып дæр диссаг нæу! Тæрс- гæ, гæды ныхас, мах дæр кæнæм, — загъта Лукашкæ хъазгæ ’мхасæн, цæмæй нæ фефсæрмы уыдаид æмæ йæ йæхимæ цæмæй нæ банкъардтаид, уый тыххæй. — Цом уал махмæ. Аныхæстæ кæндзыстæм, баназ- дзыстæм, æмæ райсом афардæг уыдзынæ. — Ам мæнæн фæлæууæн бынæттæй фылдæр цы ис, — загъта Лукашкæ худгæйæ, — фæлæ мæ урядник куырдта, фæстæмæ мæ бынаты куыд сæмбæлон а- изæр, афтæ. — Зарджытæ куы кодтай дысон, уæд дæм хъуы- стон, дæхи дæр дын федюн... — Иууылдæр адæм сты, — æмæ Лукашкæ йæ сæр батылдта. — Ус курын вæнд, дам, кæныс? æцæг у уый? — афарста Оленин. — Мæ мад мын курын вæнд кæны, афтæмæй мын пырма бæх æлхæд дæр нæма ис. — Паддзахады куысты нæма бацыдтæ? — Кæм кæ! Гъе ныр мæхи барæвдз кодтон. Бæх хъуаг ма дæн. Къухы дæр афтæ æнцонтæй кæм бафт- дзæн. Æнæ ус дæр уымæн дæн. — Уагæры цæй аргъ у бæх? 18 Л. Н. Толстой. 273
— Аифыццаг фаллаг фарс ну бæхыл дзырдтон æмæ йæ æхсæз туманæй дæлдæр кæсынмæ дæр нæ дæтты, афтæмæй кæд у ногъайаг бæх. — Мемæ хæстмæ ацæуыныл не сразы уаис? Уæд дын хицæуттæй бар ракурин æмæ дын бæх балæвар кæнин, — æвиппайды, æнæнхъæлгæйæ, загъта Оле- нин. —Æцæг дын зæгъын. Мæнмæ дыууæ ис, дыккаг мæ ницæмæн хъæуы, уæлдай мын у. — Уаыцон нæу, уый та куыд, куыннæ дæ хъæуы?— худгæйæ загъта Лукашкæ. — Цæмæн мын хъуамæ ба- лæвар кæнай, мæ дзæбæхтæ мын куы нæ мысыс, исты амалтæ та кæндзыстæм мах дæр хуыцауы фæндонæй, алкæмæн дæр йæ амонд конд у. — Зæрдæйæ дын зæгъын, æцæг, Нæ дæ фæнды, æвæццæгæн, — загъта Оленин, цип гæнгæйæ, Лукаш- кæйæн бæх лæвар кæнын йæ зæрды кæй æрæфтыд, уый дымæгмæ. Фæлæ уæддæр цыма цæмæйдæр æфсæрмы кодта, уый хуызæн уыд. Хъуыды кодта, цыма зæгъон, зæгъгæ, фæлæ йæ дзыхы ницы æфтыд, ницæуыл хæст кодта. — Уæрæсейы дын хæдзæрттæ ис дæхицæн? — афарста йæ Лукашкæ. Оленин йæхи нал баурæдта æмæ йын сæ радзырд- та: иу нæ, фæлæ йын къорд хæдзары дæр кæй ис, уый. — Хорз хæдзар? махонтæй стырдæр? — рæузæрдæ- йæ афарста Лукашкæ. — Бирæ стырдæр, дæс хатты, æртæ «æттæгуæлæ- тæ, — загъта Оленин. — Бæхтæ дæр дæм ис? Мæнæ мах бæхты хуызæн? — Фондзыссæдзы мæм ис, дæс æмæ ссæдз, дыууис- сæдз туманы æргътæ, æрмæст сымахонты хуызæн не сты. Дæс æмæ ссæдз туманы æвзистæй! Сирæгтæ, зо- пыс... Фæлæ уæддæр амы бæхты фылдæр уарзын. — Ардæм барвæндонæй, дæхы æгъдауæй æрцыдтæ, æви дæ æрвитгæ ракодтой?—афарста Лукашкæ, хын- джылæггæнæгау. — Гъе ныр адзæгъæл дæ, — загъта Лукашкæ, цы фæндагыл цæуын хъуыд, уый амонгæ- йæ, — рахиз фарсырдæм дæ азилын хъуыд. — Мæхи æгъдауæй, — дзуапп ын радта Оленин. — Фæндыд мæ уæ бæстæ фенын æмæ хæсты бацæуын. — Абои дæ æфсады цæуын хъуыд,—загъта Лука.— 274
Кæсыс уыцы æлгъыстытæм, куыд ниуынц хъæддаг куыйтæ, — загъта та Лука, куйтæм1 хъусгæйæ. — Дæ зæрдæмæ ницы хæссыс, нæ тæрсыс, лæг кæй амардтай, уый тыххæй? — Цæмæй хъуамæ тæрсон? Фæлæ хæстмæ ацæуын мæ фæнды, — дыккаг хатт загъта Лукашкæ. — Афтæ мæ фæнды, афтæ, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. — Кæд дæ фæнды, уæд иумæ цом. Max ротæ араст уыдзæн бæрæгбопты размæ, сымах сотня дæр афтæ. — Ардæм æрцæуын та дæ зæрдыл куыд æрлæу- уыд? Хæдзар дын ис, бæхрæгъау ис, кусджытæ, кæй загъдæуы, ис. Æз дæ быпаты куы уыдаин, уæдцардæй къæртт аппæрстаин, хынджылæг дзы кодтаин. Иæд та, исты хæрзиуæг дæр дæм ис? — Æз юнкер дæп, фæлæ мæ ныр афицермæ бав- дыстой. — Уæдæ кæд дæхицæй не’ппæлыс æмæ æцæг ахæм царды мидæг уыдтæ, уæд æз, дæ бынаты уæв- гæйæ, мæ къах дæр никæдæм равæрдтаин мæ хæдза- рæй. Гъе ныр дæр ардыгæй никæдæм алидзин. Нæ бæстæ хорз цæрæн ран у; афтæ нæу? — Бæгуыдæр у. Иттæг хорз, — загъта Оленин. Бынто.н дæр æрталынггæрæттæ, афтæмæй, ныхас гæнгæйæ, хъæумæ æрбаввахс сты. Хъæды мæйдарæй уæддæр нæма сцух сты. Дымгæ бæрзæндты къуыззитт кодта. Хъæддаг куыйтæ-иу æвиппайды сниудтой, скæлкæл кодтой, схудтысты æмæ цыма сæ хæд уæл- хъус уыдысты, афтæ сæм зынд. Разæй, хъæуæй, хъуыст сылгоймæгты ныхас, куыйты рæйын; дзæбæх зынын байдыдтой хæдзæртты сау æндæргтæ, рухсытæ æмæ цæуын байдыдта фæздæджы æмæ сæнары æнахуыр тæф. Лфтæ зынд Оленинмæ, уæлдайдæр ацы изæр, цы- ма йæ хæдзар, йæ бинонтæ, йæ амонд ацы хъæуы ми- дæг сты, стæй цыма ацы хъæуы хуызæн амондджын цард, ныронг дæр, амæй фæстæмæ дæр никуы кодта æмæ никæд кæндзæн. Йæ зæрдæ афтæ æрфæлмæн ацы изæр æмæ адæмы сеппæты дæр бауарзта, уæлдайдæр Лукашкæйы. Сæхимæ куы бацыд, уæд Оленин йæхæ- 1 Шакалтæ. 275
дæг йæхи къухæй скъæтæй бæх раласта, йæхæдæг-иу кæуыл бадти кæддæриддæр, уый нæ, фæлæ æндæр, Грознайы кæй балхæдта, уый, чысыл ацæргæгомау, фæлæ; дзæбæх, æнæсахъат бæх, æмæ йæ Лукашкæйæн балæвар кодта. — Цæй тыххæй мын лæвæрдтæ кæныс? — загъта Лукашкæ. Мæ хæрзтæ дыл куы нæ ис, куы ницы хорз- дзинад мæ зоныс. — Бауырнæд дæ, уый мæнæн ницы у, — загъта йын Оленин. Айс æй, искуы мын æй истæмæй баххæст кæндзынæ... Мæнæ хæстмæ дæр иумæ ацæудзыстæм. Лука фефсæрмы. — Уанцон лæвар нæу! бæх афтæ аслам куы нæ у, — загъта Лука, бæхмæ кæсын æфсæрмы гæнгæйæ. — Алас æй, алас! куы нæ йæ бакомай, уæд мæ бафхæрдтай, уый зон. Ванюшæ, марадз цъæх бæхы Лукашкæтæм бахæццæ кæ. Лукашкæ бæхы рохтæм бавнæлдта. — Стыр бузныг. — Æнæ ’нхъæлгæйæ, мит æрыс- къæфау... Оленин хъæлдзæг æмæ амондджын уыд, дыууадæс- аздзыд лæппуйау. — Ам уал æй бабæтт. Бæхæй хорз бæх у, Грозна- йы йæ балхæдтон, уайгæ дæр тынг хорз кæны. Ваню- шæ, сæн ма нын рахæсс. Цом мидæмæ. Сæн æрбахастой. Лукашкæ сбадти æмæ хъæдын нуазæн йæ къухмæ райста. — Кæд хуыцауы фæнда, уæд дын æй >æз дæр ис- тæмæй баххæст кæндзынæн, — загъта Лукашкæ æмæ сæн быннозт кодта. — Дæ ном та цы хуыйны? — Димитрий Андреич. — Цæй, Димитрий Андреич, хуыцау дын æххуысгæ- нæг уæд, лæвархъом у. Æз æмæ ды ардыгæй фæстæ- мæ дыууæ хæлары. Ныр-иу мах дæр абæрæг кæн. К>д хъæздыг не стæм, уæддæр нæ хæлары суазæг кæнын бафæраздзыстæм. Æз мæ мадæн дæр бафæдзæхсдзы- нæн, исты, мийаг, дæ куы хъæуа: кæм хъаймагъ, кæм сæнæфсир. Постмæ, мийаг, куы бафтай, уæд дын æз алцæмæ дæр цæттæ: цуаны, фаллаг фарсмæ, кæдæм дæ бафæнда, æз дын кæсдæр. Ай фыццаг дæ нæ зыдтон, уый йеттæмæ ахæм нæл хуы афæлдæхтон, 276
æмæ диссаг! Хъазахъæн æй байуæрстон дзæгъæлы, дæ- уæи æй æрбахастаин хъæлæкк. _ Хорз, бузныг. Æрмæст-иу æй уæрдоны ма сиф- тындз, ахуыр нæу. — Уæрдоны та куыд, уанцон нæу! Цы ма дын зæ- гъинаг уыдтæн,— зæхмæ кæсгæйæ, загъта Лукашкæ: хохы мын иу хорз лым-æн ис — Ахметхан, зæгъгæ. Ай фыццаг мын дзырдта, хохæгтæ цы фæндагыл цæуынц, уым сæ размæ бабадæм, зæгъгæ. Цом иумæ. Æз дыл гадзырахатæй нæ рацæудзынæн, уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар. — Цæуылнæ, цæуылнæ, искуы бон ацæудзыстæм. Оленин Лукашкæмæ цы зæрдæ дардта, цы цæстæй каст, уый дзæбæх бамбæрста Лукашкæ æмæ æрсабыр, йæ зæрдæ ничердæм уал æхсайдта. Йæхи рæсугъд, са- быр æмæ хицоны дард кæй кодта, уый Оленинмæ диссаг фæкаст, фæлæ ахæм æгъдауджын, ахæм æф- сармджын кæй разынд, уый йын иу чысыл хъыг дæр ма уыд. Бирæ фæныхæстæ кодтой, стæй æрæджиау, æнафоны, Лукашкæ къуылых нозтджынæй (фæрасы- джы онг никуы нозта) Оленины къух райста, хæрзæх- сæв ын загъта æмæ рацыд. Лукашкæ куы рацыд, уæд, кæддæра цы кæндзæн, зæгъгæ Оленин рудзынгæй йæ фæдыл ракаст. Лукаш- кæ сабыргай цыд дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ. Стæйкул- дуары æтте куы фæци, уæд бæхыл дзылар бапп-æрста, йæхæдæг, гæдыйау, йæхи фехста, бæхыл абадт, феи- къуыста йæ æмæ уынджы дæлæмæ уыцы иу тахт акодта. Оленин та афтæ æнхъæлдта, Лукашкæ Марья- нæмæ бацæудзæп æмæ йын йæ циндзинад радзурдзæн. Кæд Лукашкæ афтæ нæ бакодта, уæддæр Оленинæн нæ зæрдæ хъæлдзæг æм.æ рухс уыд, афтæ йын йæ ду- нейыл дæр никуы ма уыд. Раст сывæллонау цин кодта æмæ йæ зæрдæйы ныхæстæ Ванюшæйæн ракодта,— айдагъ бæхы рарды хабар нæ, фæлæ йæ цæй фæдыл ралæвар кодта æмæ йæм цы ног зонд, цы ног зæрдæ æрцыд, амонд ссарыны тыххæй, уыдæттæ дæр. Ваню- шæмæ уыцы ног зонд хорз нæ фæкаст æмæ йын ком- коммæ загъта, æхца куы нæ уа, уæд уыдæттæ йеттæ мурдæр ницы сты. Лукашкæ сæ хæдзармæ бауад, бæхæй рагæпп лас- 277
та æм.æ йæ мадæн бафæдзæхста, хъазахъы рæгъаумæ йæ куыд аскъæра, афтæ. Иæхицæн та уыцы æхсæв постмæ фæстæмæ æнæ аздæхгæ амал нæ уыди. Къуыд- ты бæх йæхи бар бакодта, æз æй ныххæццæ кæндзы- нæн, зæгъпæ, »æмæ нысæнттæй бамбарын кодта, бæх ын чи ралæвар кодта, ууыл куыдцæр сæмбæла, афтæ йын йæ къæхтæм бакувдзæп, зæгъгæ. Зæронд ус, мæ- гуыр, йæ сæр батылдта лæппуйы ныхæстыл æмæ йæхи нымæры загъта, æвæццæгæн, Лукашкæ бæх радавта æмæ йæ уый адыл сæударæй къуыдтыйæн рæгъаумæ æрвитын кæны. Лукашкæ постмæ зыбыты иунæгæй ацыд æмæ æдзух хи пымæры хъуыдытæ кодта Оленины хъуыд- дагыл. Бæх уыйрдыгонау сæ хæрзтæй нæ уыд, фæлæ уæддæр æппынфæстаг цыппар туманы райстаид; уы- мæ гæсгæ Лукашкæ уыцы лæвар-æй иттæг хъæлдзæг уыд. Фæлæ йын цæй фæдыл, цы бузныггадæн уыцы лæвар ракодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта æмæ дзы мур бузныг дæр нæ уыд. Гуырысхо ма йыл кодта, кæд, чи зоны мæ, юнкеры зæрдыл исты æвзæр, исты хинæйдзаг хъуыддæгтæ, уынаффæтæ ис. Фæлæ цавæр хъуыдытæ уыдаид йæ зæрды, ууыл иæ хæст кодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта, æнæуый та, æпæ ис- ты æфсонæй, æрмæст зæрдæхæлары æгъдауыл, цып- пар туманы аргъ бæх æнæ зонгæ, æцæгæлон адæйма- гæн балæвар кæн, уый чи бакæндзæн, уый кæй бауырндзæн, зæгъгæ, йыл æнæууæнккаг кодта. Расыг ма куы уыдаид, уæд цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хи- цæн хъуыддаг уыдаид; загътаиккой, йæхи равдисын, йæхицæй раппæлынмæ хъавыд, зæгъгæ. Фæлæ нозт- джын дæр куы нæ уыд. Нæй, ам цыдæр кæй ис, уый мын цы зонын хъæуы. Цыдæр фыдбылыз хъуыддаг йæ зæрды бафтыд æмæ мæ балхæнын вæнд кæны. Нæ, гæды зæгъыс, уый нæ уыдзæн! — ахъуыды кодта Лу- кашкæ. Бæх уал мæнæ ис, дарддæр дæр, хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Чи нæ кæй фæсайдзæн, уый бæ- рæг нæй, уый дыууæйыл у, уый фендзыстæм! — иу дзырдæй ахæм зонд æм æрцыд æмæ дзы хи хъахъæ- нын хъæуы, æмæ йæхæдæг йæхи цыргъ кодта, ардыд- та, хæрамдæр æм цæмæй уыдаид, ууыл. Бæх æм цы ’гъдауæй æрхауд, уый кой никæмæп кодта. Иутæн 278
дзырдта, балхæдтон æй, зæгъгæ, иынæтæн-иу былæлгъ- ты ныхæстæ акодта. Фæлæ уæддæр хъæубæсты æцæгдзинад уайтагъддæр бамбæрстой. Лукашкæйы мад, Марьянæ, Илья Васильич æмæ хъазахъ куы ба- зыдтой, æнæ исты æфсонæй, афтæ хуыцауы ницæуыл, бæх ралæвар кодта, зæгъгæ, уæд джискъус, гуызавæ кæнын байдыдтой æыæ дзы сæхи дард ластой, сæхи хъахъæдтой. Кæд ыл адæм æнæууæнк кодтой, уæддæр ын ацы хъуыддаг йæ хъæздыгдзинад æмæ нæхæлары- зæрдæ раргом кодта æмæ йæ адæмы цæсты тынг скад- джын кодта. — Кæсыс юнкермæ, мæнæ Илья Васильичмæ чи цæры, Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх йæ фыц- цаг дзæбæх куы скодта, — дзырдта хъазахъæй иу.— Фырхъæздыгæй ракæл-ракæл чи кæны, ахæм цыдæр у! — Фехъуыстон, — загъта иннæ, арфхъуыдыгæнгæ- йæ, æвæццæгæн, ын исты дзæбæх фæци, æиæ уый куыд уæдæ. Бакæсæм уал æм—бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ацы Лукашкæйæн йæ амонд хæрæгыл бады. — Уыцы юнкерты мыккагæн æмбал дзы пæй. — Дæлгоммæгæсджытæ, фæлитойтæ, иу дзырдæй! — загъта æртыккаг: искæй басудзыныл кæнæ æндæр ис- ты ахæм хъуыддаг бакæныныл нæ бацауæрддзысты. XXIII Оленины цард цыд уыцы иу æгъдауыл, æмхуызоп. Хицæуттæ æмæ йе ’мбал афицертимæ арæх ие ’мбæлд, хъуыддаг дæр æй бирæ нæ уыд семæ. Уыцы æгъдауæй хъæздыг юнкеры цардæвæрд Кавказы тынг хорз æмæ пайда уыд, Хæстмæ кæй ацыд, уый тыххæй йæ афи- цермæ бавдыстой, æмæ, цалынмæ афицер райстаид, уалынмæ йæ нæ хъыгдардтой, æмæ æнцад, æнæмæтæй йæхицæн цард. Афицертæ йæ стыр уæздан адæмыл нымадтой æмæ, уымæ гæсгæ, йæ цуры сæхи æгъдауыл, аив дардтой. Æфсæдты æхсæн афицертимæ цы цард бавзæрста: къамæй хъазт, хъал къуыдипп митæ, хæрд, нозт, зарджытæ, уыдæттæ йеттæм йæ зæрдæ не ’хсайд- та, хорз æм нæ кастысты, æмæ уый сæраппонд хъæуы 279
мидæг афицертæй йæхи цух дардта. Афицерты царды уаг хъæуты рагæй-æрæгмæ уыцы иу хуызы мидæг, уыцы иу æгъдауыл æвæрд уыд. Алы юнкер, алы афи- цер, фидары мидæг цæргæйæ, æдзух, æнæ иу бон цу- хæй, сау бæгæны куыд нуазы, къамæй штосс куыд хъазы æмæ хæстмæ ацыды тыххæй хæрзиуджыты кой куыд кæны, афтæ ам, хъæуы мидæг дæр, æрвылбон сæн нуазы фатеры хицæуттимæ, хорз уыны чызджыты адджинæгтæй, мыдæй, хъазахъы устытимæ хæты, ба- уарзы сæ, хаттæй-хатт д*зы йæхицæн ус дæр æрхæссы. Оленин кæддæриддæр царди хицæн æгъдауыл æмæ над къахвæндæгтыл цæуын нæ уарзта. Ам дæр афтæ: кавказаг афицеры царды цæлхнадыл иæ ацыд. Йæхæдæг йæхи æгъдауæй йæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ алы райсом хъал кодта бонвианы. Цай- ну куы бацымдта, уæд-иу, йæ зæрдæйы дзæбæхæн йæ цæст ахаста хæхтыл, боны æгъдауыл æмæ Марьянæ- иыл; уый фæстæ-иу галдзармæй конд хæррæгътæ кæр- цы къæрид йæ уæлæ акодта, уыдæст къогъодзитæ йæ къæхтыл скодта, йæ рон-иу йæ астæуыл æд хъама ба- баста, райста-иу топп, хуызын, хæринæгтæ пъапъироз- тимæ, бадзырдта-иу йæ куыдзмæ æмæ-иу райсомæй æхсæз сахатыл хъæуы æтте хъæдтæ араст кодта. Изæ- рæй-иу æвдæм сахатыл фæстæмæ æрбаздæхт фæлмæс- тæй, æххормагæй, фондз-æхсæз мард карчимæ ронбас- тыл ауыгъдæй, кæнæ сырды мардимæ иуæй-иу-хатт, æмæ æнæ’внæлд хызынимæ æд хæринæгтæ æмæ пъа- пъирозтимæ. Йæ хæдзармæ-иу æрцыд зæрдæнцойæ, æнæ мастæй, тыхджын æмæ амондджынæй. Цæвиттон хъуыддагæй, бафарстай йæ, цытæ хъуыды кодтай уы- цы афон, цуаны уæвгæйæ, уæд дын бæрæг бæлвырд дзуапп нæ радтаид. Сæры хъуыдытæ, зæрдæйы фæндон- тæ кæнæ æнæуый истытæ, фын фенæгау, сæры мидæг æмтъерыйæ æнæхъола ралли-балли кодтой. Куы-иу йæ- хи хъазахъагæй ауыдта, цæхæрадоны кусгæйæ, йæхъа- захъаг усимæ, куььиу абырæгæй хохыратæх-баФæх код- та, куы та-иу нæл хуы фестад æмæ йæхæдæг йæхицæй лыгъди. Æмæ æдзух зæрдиагæй хъусы, лыстæг кæсы, хъахъæиы æмæ æнхъæлмæ кæсы хъæддаг уасæгмæ, пæл хуымæ кæнæ сагмæ. Изæрæй Ерошкæйæн фæцухы мыккаг нæ уыл. 280
Ванюшæ-иу ведрайы æстæймаг хай сæн æрбахаста æмæ-иу сабыргай, ныхæстæ гæнгæйæ, дзæбæх баныз- гой, стæй-иу хъæлдзæгæй, разыйæ алчи йæхи айста хуыссынмæ. Дыккаг бон дæр афтæ: ног та-иу цуаны ацыдысты, ног та-иу бафæлмæцыдысты, ног та-иу, ны- хæстæ гæнгæйæ, хорз банызтой æмæ та амондджын уыдысты. Хаттæй-хатт иу бæрæгбоны, кæнæ къаты боны йæ хæдзары бадти бон изæрмæ. Ахæм бон-иу йæ куыст Марьянæйы скодта, йæ цæстытæ-иу дзы ныс- сагъта æмæ йæ йæхæдæг дæр не’мбæрста, афтæмæй йын-иу рудзынгæй кæнæ тыргъæй йæ алы къахдзæф- мæ, йæ алы змæлдмæ .æдзынæгæй цыбæл, зыд каст кодта. Марьянæмæ каст, уарзгæ дæр æй кодта, æр- мæст уыцы æгъдауæй, æмæ мæнæ хæхты, кæнæ арвы рæсугъддзинад куыд уарзта, афтæ, уымæй дарддæр йæ зæрдæйы ницы фæндондзинад уыд. Афтæ йæм зынд, æмæ Марьянæ æмæ хъазахъаг, Лукашкæйы æхсæн цы æгъдæуттæ уыдаид, уыдон иумæ куыд фидыдтаиккой, уыцы фидауц уый æмæ Марьянæйы æхсæн нæ уы- даид; уымæй ноджы фыддæр: хъæздыг афицер æмæ хуымæтæджы хъазахъаг чызг æгъдауæй кæрæдзимæ афтæ дард сты, æмæ кæрæдзи никуы бамбæрстаиккой. Афтæ дæр æм зынд, æмæ йе’мбал афицертæ цытæ æмæ куыдтæ кодтой, афтæ уый дæр куы бакодтаид, уæд’ йæ гæрз мæцъæй баивтаид, æмæ цы æхсызгондзи- над æндæвта, уый бæсты зæрдæниз, тухитæ æмæ фæс- мондзинад ссардтаид. Уыцы сылгоймаджы тыххæй, йæ зæрдæ кæмæй барухс, ахæм уарзондзинад хъуыддаг дæр бакодта — бæх балæвар кодта. Фæлæ цæмæйдæр стъæлфыд — Марьянæмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йæм пицæй тыххæй бауæндыдаид, æцæгæй нæ, фæлæ хъаз- гæйæ дæр уарзон ныхас зæгъын. Иу ахæмы кæддæр, сæрдыгон бон, цуаны нал ацыд æмæ сæхимæ бадти. Æнæ ’нхъæлгæйæ æваст, уæларвæй дур æрхауæгау æм йæ мæскуыйаг зонгæ, хæрз лæппу адæймаг, стыр адæмы æхсæн кæимæ сæмбæлдтытæ кодта, уый æрбалæууыд. — Уæу, мæнæ ма кæй федтон! Мæ зынаргъ æфсы- мæры! Цы æхсызгон мын уыд цы, ам дæ, уый куы ба- зыдтон, уæд!—байдыдта уый мæскуыйаг-францусаг æвзагæй, æмæ дарддæр дæр афтæ дзырдта, уырыссаг 281
æмæ францусаг ныхæстæ æмхааццæ лæнгæйæ. «Оле- нин», зæгъгæ мын, куы загътой, уæд мæхи нымæры дис кодтон, кæцы Оленин уа цымæ? Ам кæрæдзи фен- дзыстæм, уый æнхъæл та чи уыди. Афтæ æхсызгон мын уыд, æмæ дын æй куыд зæгъон. Гъы, куыд дæ, дæ хорзæхæй? Чердыгæй? Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? Æмæ йын къниаз Белецкий йæ хабæрттæ сæрæй бынмæ ракодта: рæстæгмæ ацы полчъы куыд ныллæу- уыд, æфсæдты сæрдар .æй йæхицæн адютантæн куыд хуыдта, хæсты фæстæ йæм куыд ныллæууыд, афтæ- мæй та цыма уыдæттæ йеттæ ницæмæ дардта, й,æ цæс- ты кадджын иæ уыдысты, уыцы хуызы йæхи æвдыста. — Ацы сæрсæфæн бæсты, æгæр мæгуыр, дæхицæн мацы скæн, уый та куыд?.. фæндаг... крест... цин, гвар- димæ бахизын. Уыдæттæ æхсызгон хъæуынц; мæхи уды тыххæй, мийаг, нæ, фæлæ хæстæджыты, зонгæ- ты тыххæй. Къниаз мын иттæг хорз æгъдау радта, ба- цин мыл кодта; тынг уæздан адæймаг у, цы дзы загъ- дæуа, — дзырдта Белецкий, æнæ банцайгæйæ. Хæстмæ кæй ацыдтæн, уый тыххæй мæ Аннæйы крестмæ бав- дыстой. Ныр у, æмæ уал ам ацæрдзынæн хæстмæ цæ- уыны афонмæ. Ам иттæг хорз у. Цы сылгоймæгтæ дзы ис, уый куы зонис! Гъы, куыдтæ мын цæрыс, дæ хор- зæхæй! Нæ капитан мын дæ кой кодта — зондзынæ йæ, æвæццæгæн, Старцев; æдылы у, фæлæ зæрдæхæ- лар, фæлмæн адæймаг... уый зæгъы, хъæддаг сырдау иунæгæй цæрыс, хæстæг никæмæ цæуыс. Амы афицер- тимæ æмдзæхдон кæй нæ кæныс, уый æмбарын. Æх- сызгон мын у, амæй фæстæмæ кæрæдзи, кæй уындзы- стæм, уын. Ам æз фатеры урядникмæ ныллæууыдтæн. Цы чызг дзы ис, цы, Устенькæ, зæгъгæ. Куыд дын дзы зæгъон, цыбыр ныхасæй цыкурайы фæрдыг! Æмæ ноджыдæр, æмæ ноджыдæр згъæлдысты францусаг æмæ уырыссаг ныхæстæ. Оленин æвдисæн кæуыл бакодта, уыцы мæскуыйаг стыр адæмы æвза- джы хаттæй. Адæм æм цы цæстæй кастысты, уымæ гæспæ Белецкий иттæг рæсугъд æмæ хæларзæрдæ адæймаг уыд. Кæд æцæг афтæ уыд, уæддæр Оленины зæрдæмæ пæ бацыд, тынг æнад ын фæци. Дæлвæд- уæлвæд, цы адæмыл бавдисæн кодта, уыдонæй иу. Уы- 282
цы æнад адæймагæн цæхкæр йæ ных бакъуырын кæй пæ бафæрæзта, уый йын иттæг зын уыд. Хъыг ын уыд, йæ зæронд зонд, йæ зæронд æгъдæуттæ æмæ ахуырæй йæхи ныр дæр ма суæгъд кæнын кæй нæ фæрæзта, уый. Мæсты кодта йæхимæ дæр æмæ Белецкиймæдæр, фæлæ, йæ ахуырмæ гæсгæ, æвæндонæй, æнæбары ны- хас гæнгæйæ, францусаг ныхæстæ æмхæццæ кодта; æфсæдты сæрдары æмæ мæскуыйаг зонгæты кой код- та; хъазахъы хъæуы мидæг сæ дыууæ дæр француса- гау кæй дзырдтой, уый сæраппонд æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй каст йе’мбал афицертæ æмæ хъазахъмæ, Белецкийы та хицоны, хæлары æгъдауыл бабуц кодта, куырдта дзы, куыд-иу æй абæрæг кæна, афтæ, æмæ йын дзырд радта, йæхæдæг дæр æм кæй цæудзæн, ууыл. Оленин уæддæр нæ цыд Белецкиймæ. Ваню- шæ Белецкийæ раппæлыд, загъта: уæздæттæн сæ тæк- кæ æцæгтæй у, зæгъгæ. Белецкий уайтагъд, хъæздыг кавказаг афицерæн куыд æмбæлд, уыцы æгъдауыл йæ цард сæвæрдта. Оленины цæсты раз, раст мæйы бонмæ, рагон цæрæг адæймагау, хицон æрбаци хъæуы мидæг. Зæронд лæгты расыг кодта, чызджытæн хъазт-изæртæ арæз-- та, йæхæдæг дæр сæм æнæзивæг цыд, йæхицæй арæх æппæлыд, чызджыты æхсæн йæ фæндаг хорз кæн цыд æмæ йын кæй æнтыст, уымæй; афтæ хицон сси, æмæ йæ чызджытæ æмæ устытæ, хуыцау зоиы цæй дымæ1- мæ, фæлæ йæм зæронд лæджы номæй дзурын байдыд- той. Сæн æмæ сылты кæй уарзта, уый адыл æй хъа- захъ дзæбæх бамбæрстой, сахуыр ыл сты æмæ йæ Оленинæй тынгдæр бауарзтой. Оленин циу, цавæр у, ууыл нæ хæст кодтой, нæ йæ æмбæрстой æмæ йæ гуы- рысхойаг адæймагыл нымадтой, йæ хуымгæнд дæл- дзæх кæмæн ис, ахæмыл. XXIV Райсомæй фондз сахаты уыд. Ванюшæ цырыхъы хъусæй самавары зынджытæ дымдта. Оленин бæхыл хи найынмæ Теркмæ аивгъуыдта. Æрæджы йæхицæн, 283
хи ирхæфсыны тыххæй, ног хъæлдзæгдзинад æрхъуы- ды кодта: Терчы йæ бæх найын. Хæдзары хицауы ус мидæгæй хæдзары уыд, пецы арт æндзæрста æмæ бæз- джын сау фæздæг ердойæ уæлæмæ цыд. Чызг хъасба- хы мидæг къамбец дыгъта. «Амæй æлгъыстдæр ма фос уыдзæн, иу ран фæлæууыны мыккаг ын нæй!» цыдис хъасбахæй чызджы ныхас, уымæн йæ хæд уæлвæд та æхсыры æмхуызон цыххуытт, дуцгæ-дуцын. Хæдзары цур уынджы бæхы рог цыды къæхты хъæр фехъуыст æмæ Оленин рæсугъд, æрттиваг, тар цъæх бæхыл бирæгъы цыдæй кулдуары цур æрбалæууыд. Марьянæ йæ рæсугъд сырх сæрбæттæнæй баст сæр скъæты дуарæй .æттæмæ радардта æмæ та фæстæмæ ф’аууон. Олениныл уыд сырх дари хæдон, урс цухъа, æлвæст рон хъамаимæ æмæ бæрзонд худ. Чысыл хъалгомау бадт кодта хуылыдз бæхы( рагъыл æмæ йæ иу къухæй топпы къæдзыл хæцгæйæ, æргуыбыр кодта кулдуар байгом кæнынмæ. Йæ сæры хъуынтæ нырма хуылыдз уыдысты; лæппу-лæджы æвзонг цæсгом æнæ- низдзинад æвдыста. Уый афтæ æнхъæл уыд, бæхыл хорз фидауы, хорз арæхсы, цыбыр ныхасæй — барæг у. Фæлæ уымæ дард уыд. Кавказаг барæг æй уыцы иу бакастæй базыдтаид, салдат кæй у æмæ йæ барæгмæ бирæ цыдæртæ кæй хъæуы, уый. Чызджы рæсугъд сæ- рыл йæ цæст куы фæхæцыд, уæд ноджы цырддæр фæ- гуыбыр кодта, кауын кулдуар иу фарсырдæм аппæр- ста, бæхы рохтæ æрбамбырд кодта, йехс дард фæ- хаста, бæхмæ февзыста æмæ кæрты балæууыд. «Цай цæттæ у, Ванюшæ?» — фæхъæр кодта хъæлдзæгæй Оленин æмæ йе’ргом барæй чызджырдæм нæ, фæл&> иннæрдæм сарæзта. Дзæбæхау æм каст æмæ йын æх- сызгон уыд, бæх йæ фæстаг æрдæг куыд æрбалвæста, рохтæ размæ ивазгæйæ, йæ сæрæй куыд хъазыд æмæ кауы сæрты агæпп’ввонгæй хус æлыг цъар кæрты йæ мид бынаты куыд кафыд. «Се пре!»1 — загъта Олени- нæн Ванюшæ. Афтæ æнхъæл ма уыд, Марьянæйы рæсугъд сæр æм хъазбахæй кæсы, æмæ йын цыма фыддæрадæн кодта, уыйау æм фæстæмæ дæр нæ фæ- каст. Бæхæй рагæпп ласта, асины сæрыл йæ топп 1 Иæттæ yi 284
скъуырдта, уæзбын æнаив къахдзæф акодта æмæ фæстæмæ хъасбахмæ тарст каст фæкодта, кæд мæ, мийаг, федта, зæгъгæ, фæлæ йæ цæст ницæуыл фæ- хæцыд, æрмæст та уыцы æмхуызон цыххуытт хъуыст, къамбец дуцгæйæ. Оленин уатмæ бацыд, чысыл афæстиат æмæ фæс- тæмæ рацыд, чиныг йæ къухы, лулæ йæ дзыхы, афтæ- мæй æмæ стъолы фарсмæ цайы агуывзæйы цур æрбадт, хуры тæссармæ арæзт тынтæ кæдæм нæма хæццæ кодтой, ахæм аууон ран. Ацы бон сихæрттæм ацæ- уинаг никæдæм уыд, фæлæ бонæй-бонмæ æмгъуыд цы писмотæн кодта, уыдон ныффыссын фæнд скодта, æр- мæст æй цыдæр урæдта; йæ бынатæй сыстын æй нæ фæндыд; ахæстонмæ цæуæгау æм зын каст уатмæ фæстæмæ баздæхын. Хæдзары хицауы ус пец стæвд кодта, чызг хъом аскъæрдта; фæстæмæ куы æрбаз- дæхт, уæд сæнæрттæ æмбырд æмæ ныхасын байдыд- та æмбондыл. Оленин чиныджы каст, фæлæ дзы уып- гæ ницы кодта, йæ зæрдæ æндæр ранмæ æхсайдта. Æдзух фæкæс-фæкæс кодта, йæ цæсты раз рауай-ба- уай чи кодта, уыцы тыхджын æвзонг сылгоймаджы змæлдмæ. Райсомы уазал аууонмæ бацыдаид уыцы сылгоймаг, кæнæ кæрты астæу фæзындаид уыцы хæрз- конд гуыр, æрттиваг дзаумайы мидæг — хъаджыдæр нæ уыд, алцæмæ дæр æдзынæг каст, иу фезмæлд дæр дзы цæмæй нæ аирвæзтаид, уый тæссæй. Æхсызгон ын уыд чызгмæ кæсын, йæ нарæг астæу-иу зæхмæ куыд æртасын кодта, кæнæ-иу йæ сырх хæдон куыд æм- бырдтæ, куыд æнцъылдтæ кодта риуыл æмæ зæнгтыл дæлæмæ. Иæ зæрдæ-иу бахъæлдзæг, чызджы астæу иу фæстæмæ куы стасыд, кæнæ æнгом хæдоны бынæй-иу æргом куы фæзындысты улæфгæ риуы бæрæггæнæнтæ. Зæрдæрухс кодта йæ къахы айстæй, нарæг зæвæт-иу, зæронд сырх сæрак дзабыры мидæг, уыцы иу æгъда- уыл, зæххыл куыд ныдзæвд, кæнæ-иу йæ тыхджын къухтæ, фæстæмæ фæлдæхт дыстимæ, цæнгты хæ- цъæфтæ тынг гæнгæйæ, фийагæй мæсты æппæрст куыд кодтой, кæеæ-иу æм йæ къуырф сау цæстытæ хаттæй-хатт куы фæкомкоммæ, куы фемдзаст сты. Кæд йæ нарæг æрфгуыты бынæй тар æрфыгæй каст, уæддæр йæ цæстæнгас дзырдта йæ рæсугъддзинад 285
йæхæдæг дæр кæй æмбары æмæ уымæй йæ зæрдæ рухс кæй у, уый. — Оленин, раджы, сыстадтæ? — афарста йæ Белец- кий, кæртмæ цæугæйæ кавказаг афицеры дзаумайы мидæг. — А-а, Белецкий куы дæ, — фæстæмæ йæм, йæ къух даргъ гæнгæйæ, сдзырдта Оленин. — Куыд раджы? — Цы бакæнон уæдæ! Рантъæрдтой мæ. Абоп мæм хъазт-изæр уыдзæн. Марьянæ, ды та цы зæгъыс, æрбацæудзынæ Устенькæмæ? — загъта, чызгмæ дзур- гæйæ, Белецкий. Оленин бадис кодта, куыд уæндыд Белецкий1 афтæ хицон æгъдауæй дзурын уыцы сылгоймагмæ. Фæлæ Марьянæ, цыма ницы- фехъуыста, уыйау йæхи фæтигъ кодта, фийаг йе ’ккой баппæрста <æмæ дæлæмæ, зæх- мæ кæсгæйæ, лæджы цыдæй цырд хæдзарырдæм ба- пвгъуыдта. — Æфсæрмы кæны, æфсæрмы, — йæ фæдыл дзырд- та Белецкий, — дæуæй æфсæрмы кæны, ■— æмæ хъæл- дзæгæй, худгæйæ, асинтыл уæлæмæ сызгъордта. — Цæй хъазт-изæры кой кæныс? Чи дæ ран- гъæрдта? — Мæ фатеры хицауы чызг хъазт-изæр аразы. Ды дæр хуынд дæ. Хъазт-изæр, зæгъгæ, фыдджын æмæ чызджыты æмбырд. — Æмæ дзы мах та цы мигæнæг уыдзыстæм? Белецкий йæ мидбылты бахудт, хинæйдзаг худтæй, йæ цæст фæныкъуылдта æмæсæрæй ацамыдта,Марья- н,æ кæдæм бацыд, уыцы хæдзармæ. Олепин йе уæхсджытæ æрбалвæста æмæ цæсгомы туг абадти. Мæ хуыцауыстæн, куыддæр мæм æнахуыр адæи- маджы хуызæн кæсыс. Цæй-цæй, дзур дарддæр. Оленин йæхи фæтар кодта. Белецкий йæ бамбæр- ста æмæ, джискъус гæнгæйæ, бахудти. — Амæй диссагдæр ма цы уа, дæ хорзæхæй! — загъта Белецкий, — иу хæдзары цæргæйæ... æмæ ахæм дзæбæх чызг тынг дзæбæх, иттæг рæсугъд. — Рæсугъдæй та дзы цы загъдæуа! Диссаг, нæр- 286
тон диссаг! Ахæм сылгоймагыл мæ дунейыл никуы ма сæмбæлдтæн, — загъта Оленин. _ Дæуæн ма уый загъдæуа. Гъемæ уæдæ куыд? Æппын ницы æмбаргæйæ, афарста Белецкий. — Чи зоны ’мæ дæ зæрдæм,æ нæ фæцæудзæн мæ ныхас, — радта йын дзуапп Оленин. — Фæлæ цы уа, уый зæгъын хъæуы. Ам цы бон æрцардтæп, уыцы бо- нæй ацы бонмæ сылгоймаг мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Æмæ дын, гæды ма зæгъон, хорз мæм кæсы уый. Стæй æнæуый дæр, зæгъ ма мын, амы сылтæ æмæмах æхсæн цы ис? Max хицæн, уыдон хицæн. Ерошкæйæ ма куы зæгъай, уæд уый хицæн хъуыддаг у. Нæ дыу- уæ дæр иу куыст кæнæм, — æмцуанæттæ стæм. — Гъе уый дын ныхас, гъе! Цы дам ис не’хсæн! Æмæ уæдæ, зæгъ ма мын, дæ хорзæхæй, мæн æмæ Амалия Ивановнæйы æхсæн цы ис? Гъе уый дæр аф- тæ. Афтæ ма куы загътаис, чъизи, фыдæхсæст сты, уый ма дын зæрдæмæ бацыдаид. nA ba guerre, comme a la guerre!1 — Æз, мæ хæдзар, Амалия Ивановнæты нæ зыд- тон, семæ цæрын арæхсгæ дæр нæ кодтон, — загъта, Оленин. — Фæлæ уыдонæн æгъдау дæттæн, уыдонæп аргъ кæнæн нæй, адонæп та ис, адоп мæ цæсты кад- джындæр сты. — Гъемæ сын дæтт æгъдау! Чи дæ хъыгдары? Оленин нпцы уал загъта. Æвæццæгæн ма йæ фæн- дыд йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын, йæ зæрдиаг хъуыдытæ зæгъын. — Куыд кæсын, афтæмæй ам иунæг мæ уды йет- тæмæ, дыккаг мæ хуызæн нæй. (Чысыл фефоæрмыго- мау). — Мæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ йæ, цæвиттон, аивон, фендæр хуызон æй кæнон, уыцы зæр- дæ мæм нæй. Æз, гæды дын ма зæгъон, ды цы æгъ- дауы мидæг цæрыс, уыцы æгъдауы мидæг цæрын нæ бафæрæзтанн, æнамонддæр уыдаин. Æнæуый дæр æз æндæр æгъдауыл лæуд дæн; ды сæм цы цæстæй кæ- сыс, æз сæм уыцы цæстæй нæ кæсын. Белецкий, гуырысхогæнгæйæ, йе ’рфгуытæ фел- хынцъ кодта. 1 Хæсты мидæг хæсты хуызæн вæййы (францусагау). 287
— Уæддæр-иу изæры æнæ æрцæугæ ма фæу. Марья- нæ дæр, уым уыдзæн, — æз уæ балымæн кæндзынæн. Дæ зæрдæмæ куы нæ бацæуа, уæд ацæудзынæ, æндæр ма дзы исты ис. Æрцæудзынæ? — Цæугæ, чи зоны, ’мæ ныккæнин, фæлæ раст зæгъгæйæ, мæ зæрдæ мæхиуыл нæ дарын: тæрсын, æгæр куы бауарзон. — О-о-о! фæхъæр кодта Белецкий. Цæугæ æркæ, уый йеттæмæ дын дæ зæрдæйы низæн æз хос ссардзы- нæн. Æрцæудзынæ? Æцæг зæгъын, æцæг, æри уæдæ дæ хуыцауы къух! — Цæугæ ныккæнин, фæлæ, дын ме цæгæй зæгъын, уым цы ми кæндзыстæм, уымæн ницы æмбарын. — Мæ хатыр бакæ, æз дæ курын. Æрцæудзынæ уæдæ, нæ? — Хорз, ныццæудзынæн, æвæццæгæн, — загъта Оленин. — Дæ хорзæхæй, цы ма дæ хъæуы! уый дын рæ- сугъд сылгоймæгтæ; ахæмтæ дæ дунейыл дæр не ссар- дзынæ, афтæмæй моладзанæй цæр? Мархо дар, уый та куыд? Дæ къухы цы уа, уымæй цæрын ма базон æмæ барвæндонæй дæ цард хал, уый дæр хъуыддаг у? Хæдæгай, йед та — фехъуыстай, мæ ротæ Воздвижен- скæймæ цæудзæн, уый? — Æз не ’нхъæл дæн. Мæнæн афтæ загъди, цыма æстæймаг ротæ цæудзæн, — загъта Оленин. — Нæ, æз адютантæй писмо райстон. Уый фыссы, къниаз йæхæдæг дæр æфсады цæудзæн. Æхсызгон мын у, уым кæрæдзи фендзыстæм. Ам, раст дып зæ- гъон, хъыг кæнын байдыдтон. — Афтæ дзурынц, тагъд бабырсынмæ хъавыыц. — Ахæм хабарæй ницы фехъуыстон; фæлæ мæ хъусыл æрцыд, Криновицынæн хæстмæ ацыды тыххæй Аннæ1 рацыд. Уый та поручикмæ æнхъæлмæ каст, — загъта Белецкий худгæйæ. — Йæ хъуыддаг дзæбæх нæ рацыд. Штабмæ аивгъуыдта... Изæрдалынгтæ æрци. Оленинæн йæ зæрдæ хъазт- изæримæ дзурын байдыдта. Хуынды цæуын æм зып касти, йæ зæрдæйы йын низ бауагъта. Цæуын æй æр- 1 Крест. 288
фæндыд, фæлæ уым цы митæ кæндзысты, уыдæттæ йæм куыддæр æнахуыр диссаг, æнаив æмæ тæссаг зындысты. Уый зыдта, чызджыты йеттæмæ дзы, зæ- ронд устытæ æмæ хъазахъ хъуамæ ма уой. Цытæ кæн- дзысты? Хи куыд дарын хъæуы? Цы дзурын хъæу- дзæн? Чызджытæ цы дзурдзысты? Цы æгъдæуттæ хъуамæ уа уымæн йæхи æмæ хъæддаг сырдты — хъа- захъаг чызджыты æхсæн? Белецкий ахæм æнаккаг æбуалгъ, фæлæ карз, хиуыл хæцгæ миты кой кодта... Диссаг æм каст уым, Марьянæимæ иу уаты кæй уы- дзысты, чи зоны ’мæ ныхас дæр кæй кæндзысты, уый. Уый та куыд уыдзæн, зæгъгæ, хи нымæры дзырдта, Марьянæйы хъал аив уæнгты ахаст-иу зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд. Нæй, куы нæ ацæуин, уæд хуыздæр уаид. Уыдæттæ иууылдæр æнæуаг цъаммар, æбуалгъ митæ сты — хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. Фæлæ та- иу зæрдæ ахсайдта: фенын æмæ базонын хорз уаид. Æмæ дзырд кæй радта, уый бакæнын йæхицæн хæсы хуызæн нымадта, Цæхкæр ницæуыл алыг кодта хъуыд- даг, фæлæ уæддæр араст æмæ Белецкиймæ куы ба- хæццæ, у.æд мидæмæ бацыд. Белецкий цы хæдзары цард, уымæн йæ конд, йæ арæзт раст Оленины хæдзары хуызæн уыд. Хæдзар уыд дыууæ уатон, цæджындзыл арæзт, зæххæй уæлæ- мæ сæ бæрзонд дыууæ адлийы кæмæн уыдаид, ахæм- тыл. Оленин æмуырдыг арæзт асиныл уатмæ бацыд; уым иу фарсырдыгæй дзæбæх, аив æфснайд уыдысты хъæццултæ, базтæ, гобæттæ æмæ гауызтæ. Къултыл ауыгъд уыдысты æрхуы тастæ æмæ гæрзтæ. Нары бын лæууыдысты харбызтæ æмæ настæ. Дыккаг уаты ми- дæг куыд стыр дзулфыцæн пец, стъол, даргъ бандæт- тæ æмæ зæронддингæнджыты дзуæртты нывтæ. Уыцы уаты цард Белецкий. Уаты уыди чемодантæ, чысыл гауыз, гауызыл гæрзтæ ауыгъд, дарддæр стъол, йæ уæлæ æфснайд æмæ аив æвæрд уыдысты лыстæг дзауматæ æмæ хуызистытæ. Дари куырæт уæгъд æппæрстæй лæууыд тъахтиныл. Белецкий йæхæдæг, сыгъдæг мидæггаг хæдон æмæ хæлафы мидæг, аив хуыссыд сынтæгыл æмæ чиныджы каст. „Les trois mousquetaires".1 i Æртæ мушкетеры" — А. Дюмайы роман. 19 Л. Н. Толстой. 289
Белецкий йæ хуыссæнуатæй фæгæпп ласта. — Уыныс, мæ царды æгъдау куыд сарæзтон. Куыд дæм кæсы, дæ зæрдæмæ цæуы? Цы хорз бакодтай, кæй æрцыдтæ, уымæй. Уыдон архайынц, кусынц хæлæфæй. Фыдджын цæмæй кæныпц, уый зоныс? Хуыссæ, хуы- йы фыд æмæ сæнæфсирæй. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Бакæс ма, куыд гъæйттæй кусынц, уымæ. Æмæ æцæг, рудзынгæй ракастысты æмæ ауыдтой, чызджытæ хæдзары, мыды бындзытау, куыд ратæх-ба- тæх кодтой, уый. Дыууæрдæм, хæдзар-æй тыргъы æх- сæн æттæмæ-мидæмæ кодтой, куы иу, куы иннæ дзау- маимæ. — Тагъд уыдзыстут? — ахъæр сæм кодта Бе- лецкий. — Иыртæккæ! Нал лæууыс, сæххормаг дæ, баба?— Æ’мæ хæдзарæй фехъуыст чызджыты хъæрæй худт. Устенькæ, пумпуси, сырхуадул, зæрдæмæдзæугæ, фæстæмæ фæлдæхт дыстимæ, Белецкийы уатмæ бауад тæбæгътæм. — Мæнæ ци, мæнæ! Тæбæгътæ сæттын, — цъæхс- паг хъæлæсæй фæхъæр кодта Белецкийыл Устенькæ.— Ды дæр дзæгъæл бадты бæсты бацыдаис æмæ исты феххуыс кодтаис, — фæхъæр кодта Олениныл чызг, худгæ-худын. Чызджытæн дæр адджинæгтæ бацæт- тæ кæн. — Марьянæ дæр æрцыд? — афарста Белецкий. — Цæй тыххæй хъуамæ ма ’рцæуа? Хуыссæ дæр уый куы æрхаста. — Цæвиттон хъуыддагæй, — зæгъгæ, загъта Белец- кий, — ацы Устенькæйы дзæбæх сараз, соыгъдæг æй кæн æмæ йæ буц царды баппар, уæд мах рæсугъдтæ йæ рыджы дæр нæ фæзыниккой. Хъазахъаг Борщевы чызджы цы федтаис? Мæнæ булкъон мой чи скодта, уый. Уымæй рæсугъддæр мады гуыбынæй нæ рацæу- дзæн. Цы disunite1 y! Кæм свæййыыц афтæ... — Борщевы чызджы никуы федтон, фæлæ мæныр- дыгонау адон дарæсæй хуыздæрæн скæнæн дæр ма нæй. — Æвæдза, диссаджы адæймаг дæн æз, алы царды 1 Хорздзинад, джелбет. 290
уаджимæ фидауын дæр зонын, — загъта Белецкий хъæлдзæгæй, зæрдæбынæй улæфгæйæ. — Цон, бакæ- сон сæм, кæддæра цы ми кæнынц. — Йæ уæлæфтау дзаума йæ уæлæ баппæрста æмæ ацыд. — Ды та ад- джинæгты кой бакæ, — фæдзырдта фæстæмæ Оле- нинмæ. Оленин кусæг салдаты арвыста пряниччытæ æмæ мыдмæ, йæм æхца дэрттын ахæм зын, ахæм æнаккаг хъуыддаг каст, цыма æхцайæ искæй, сайды æгъдауыл, балхæнын вæнд кодта, уыйау. Уым.æ гæсгæ йæ салдат куы бафарста, кæмæй цас балхæнон, зæгъгæ, битъына æмæ мыдджын пряниччытæй, уæд ын бæрæг бæлвырд дзуапп раттын нæ бафæрæзта. — Куыд дæ фæнды, афтæ. — Сеппæтæй дæр? — афарста та йæ зæронд сал- дат, джискъус гæнгæйæ. — Битъынаджынтæ зынаргъ- дæр сты. Æхсæрдæсгæйттыл сæ уæй кодтой. — Сеппæтæй, сеппæтæй, — сдзырдта Оленин, ру- дзынджы цур æрбадти æмæдис кодта, йæ эæрдæ афтæ тынг кæй гуыпп-гуыпп кодта, ууыл, цыма исты æвзæр, æнахъинон хъуыддаг бакæнынмæ йæхи цæттæ кодта, уыйау. Оленин фехъуыста, чызджытæн сæ хъæр æмæ сæ ахст куыд ссыди, Белецкий сæм куы бацыд, уæд, сгæй федта, чызджытæ йæ тыххæй, хъуырдухæн гæнгæйæ, худæгæй мæлгæйæ, лидзæг куыд фæкодтой æмæ асин- тыл дæлæмæ куыд атахт. — Рантъæрдтой мæ, — загъта Белецкий. Иу къорд минуты фæстæ Устенькæ уатмæ бацыд æм»æ уазджытæн «Еблягъо», зæгъгæ, загъта ома — мидæмæ, цæттæ стæм. Куы бацыдысты, уæд æцæг алцы дæр уыцы цæттæ- йæ баййæфтой. Устенькæ бумбули гобæттимæ ар- хайдта æмæ сæ къул æнцой æвæрдта. Чысыл салфет- кæйæ æмбæрзт стъолыл лæууыд графин сæнимæ æмæ хусгонд кæсаг. Уаты уæлдæф хуыссæ æмæ сæнæфси- ры тæф кодта. Чызджытæ, иу æхсæзы бæрц, ног куырæтты мидæг, гом сæртæй, пецы фæстæ къуымы ныдздзыгуыр сты æмæ, сæ кæрæдзийыл сæхи ныхас- гæйæ, худтысты æмæ пыррыччытæ кодтой, сусæгæй ныхас кæнгæйæ. 2Q1
— Курæм уæ, сбадут æмæ мæ зæды хайæн ба- кувут, — загъта Устенькæ, уазджыты фынгмæ хон- гæйæ. Оленин уыцы замманайы æмхуызон рæсугъд чыз- джыты æхсæн Марьянæйы ауыдта æмæ йын хъыг уыд, ахæм æгад, æнаккаг æгъдæутты æмæ фадæтты мидæг ыл кæй сæмбæлд, уый. Базондзæн æмæ сарæхсдзæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта æмæ бауынаффæ кодта алцæмæй дæр Белецкийы фæзмын, — уый куыд кæна, æз дæр афтæ кæндзынæн, зæгъгæ. Белецкий цыма стыр æгъдæуттæ æмæ хъуыддæгты мидæг бацыд, уы- йау ныфсджынæй æмæ аивæй фынгмæ хæстæг бацыд, иу нуазæн Устенькæйы цæрæнбоны тыххæй банызта, стæй иннæтæй дæр ракуырдта, уыдон дæр уый хуызæн, фæйнæ куыд баназой, афтæ. Устенькæ сын бамбарып кодта, чызджытæ кæй нæ пуазынц, уый. — Мыдимæ, чи зоны мæ, баназдзысты, — фехъуыс- тис чызджыты æхсæнæй иуы хъæлæс. Уыцы сахат салдат дæр æрбахæццæ æмæ йæм адзырдтой. Салдат æрфгуыты бынæй, хæлæггæнæгау æви уайдзæфгæнæгау, уый не сбæрæг, фæлæ минасгæ- нæг «господатыл» йæ цæст рахаста æмæ сын аивæй, зæрдæ ’лхæнæн коммæгæсæджы æгъдауæй балæвæрд- та цъæх гæххæтты тыхт мыды фæзгъæр æмæ прянич- чытæ. Цасæй сæ балхæдта æмæ ма йæм фæстæмæ цас рацыд æхца, уый тыххæй ма цыдæр зæгъын йæ зæр- ды уыд, фæлæ йæ Белецкий дзурын нал бауагъта æмæ йæ дуары æтте фæкодта. Белецкий агуывзæты сæн æмæ мыд ныккодта, æр- тæ джиранкайы пряниччытæ фынгыл аив ахæлиу код- та, чызджыты къуымæй тыххæй раласта, фынджы алыварс сæ æрбадын кодта æмæ сын пряниччытæ уа- рын байдыдта. Оленин æвæндонæй ауыдта Марьянæ- йы хурсыгъд чысыл къух, иу бур æмæ дыууæ битъы- па пряниччы куыд систа, джискъус гæнгæйæ, цы сын хъуамæ бакæна,ууыл. Устенькæ æмæ Белецкийы фæн- дыд уазджыты бахъæлдзæг æмæ, уымæ гæсгæ, сæхи æнæбары хъæлдзæг, къæйных æмæ уæндон дард код- той, фæлæ уæддæр сæ иыхас кæрæдзийыл нæ бадти æмæ æнкъард уыдысты. Оленин тыхсти, хъуыдытæ кодта, цы зæгъоп, зæгъгæ, стæй йæхимæ æнкъардта, 292
цыма сæ каст иудадзыг дæр уый скодтой, цыма йыл худгæ дæр кæнынц æмæ, уымæй æфсæрмы гæигæйаё, иннæты дæр æфсæрмы кæнын кодта. йæ цæсгом-иу фæсырх æмæ йæм афтæ зынд, цыма Марьянæ уæлдай тынгдæр æфсæрмы кодта, уыйау. «Æвæццæгæн, æхца- мæ æнхъæлмæ кæсынц»,—зæгъгæ, загъта хи нымæры. — Цæй æфсон æмæ куыд æгъдауæй сын дæттдзыстæм æхцатæ? Тагъддæр сыи раттæм æмæ лидзын хъæуы!» XXV — Уæ хæдзары фатеры чи цæры, уый куыпнæ зо- ныс? — загъта Белецкий, Марьянæмæ дзургæйæ. — Хæстæг нæм куы нæ цæуы, уæд æй куыд базо- пæм,— загъта Марьянæ æмæ Оленинмæ иу каст фæ- кодта. Оленин цыма истæмæй фæтарст, уыйау йæ зæрдæ пыссæххæтт кодта æмæ цы дзырдта, уый йæхæдæг дæр не’мбæрста, афтæмæй загъта: — Дæ мадæй нæ уæндын. Фыццаг хатт уæмкуыба- цыдтæн, уæд мын мæ хъуын ацагъта, алывыд мын фæкалдта. — Æмæ дзы ды дæр фæтарстæ, нæ?—загъта чызг, иу каст та йæм фæкодта, æмæ йæхи иннæрдæм азылдта. Ацы ран фыццаг хатт федта Оленин рæсугъд чыз- джы цæсгом æххæстæй, уый агъоммæ дæр æй федта, фæлæ æрмæст кæлмæрзæны тыхтæй суанг цæстыты онг. Хуымæтæджы нæ дзырдтой, уымæй рæсугъддæр æгас хъæуы мидæг нæй, зæгъгæ. Устенькæ дæр зæр- дæмæдзæугæ чызг уыд: чысыл, хæрзхуыз, сырхуадул, хъæлдзæг, сынты базыры хуызæн, сатæгсау цæстытæ, æнæ банцайгæ ныхасгæнаг æмæ худаг. Марьянæ, дзæ- бæх кæй фæхонынц, ахæм нæ уыд, фæлæ уыд æцæг адæмæн æмбисонды рæсугъд. йæ цæсгомы ахаст фыц- цаг бакастæй карз зындаид, нæлгоймаджы цæсгомы хуызæн, фæлæ> йæ хæрзконд даргъ гуыр, тыхджыы бæ- рæчет риу æмæ уæхсчытæ, даргъ сау цæстытæ, карз æмæ буц, уарзæгой цæстæнгас, тар зиллæччытæ цæ- стыты алфæмблайы, рæвдауæн дзыхы арæзт æмæ зæр- 293
дæмæ хъарæн адджын мидбылты худт, уыдоп сеппæт иумæ кæрæдзиуыл диссаг хорз фидыдтой æмæ стыр рæсугъддзинад æвдыстой. Худгæ, æцæг, арæх нæ код- та, фæлæ йæ бахудт адæймаджы зæрдæйы ауып- дзæнтæм æвнæлдта. Бæрæг уыд алцæмæй дæр, æнæхæлд, сыгъдæг, æнæ аипп, æфсармджын æмæ æнæниз кæй уыд, уый. Чызджытæ сеппæт дæр рæ- сугъд уыдысты, фæлæ чызджытæ сæхæдæг дæр, Белец- кий дæр, пряниччытæ чи ’рбахаста, уыцы салдат дæр, иууылдæр сæ каст Марьянæйы скодтой æмæ йæ сæ уæлныхты хастой. Паддзахы усы хуызæн, йæ сæр сæр- мæ чи хæссы, ахæм зæрдæхъæлдзæг зынæрвæссоп сылгоймаджы каст кодта æмæ ипнæ чызджыты æхсæн бæрæгдæр уыд. Белецкий йæ уды быцъынæг скъуыдта, цæмæй хъазт-изæр хъæлдзæгдæр (æмæ рæсугъддæр ацыдаид, ууыл, æмæ æнæбанцайгæйæ, ныхас кодта, чызджытæн нуазæнтæ хæссын кодта, семæ архайдта, зилæнтæ код- та, Марьянæйы рæсугъддзинады тыххæй Оленинæн францусагау æнæуаг, æнæфсарм æмбарæн ныхæстге кодта, «дæ Марьянæ», la vôtre, зæгъгæ, йæ хуыдта, æмæ йæхæдæг цы митæ кодта, уыдæттыл æй ардыдта. Оленинмæ куыд фæстæмæ уыдæттæ зын кæсын бай- дыдтой æмæ тыхсти. Мæ сæр ма дзы куы аирвæзид, зæгъгæ, æфсон ссардта æмæ лидзынвæнд скодта, фæ- лæ уыцы сахат Белецкий раныхас кодта æмæ загъта: йæ райгуырæн бон кæмæн у, уыцы Устенькæ хъуамæ алкæмæн дæр нуазæн бахæсса æмæ йын аба кæна. Устенькæ сразы, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ, чындз хæсгæйæ куыд фæкæнынц, афтæ йын йæ тæбæ- гъы æхцатæ куыд æвæрой, афтæ. «Гъе, гъе, мæ раны дæн ныр, цы фыдбылызы къах мæ æрбахаста ацы æнаккаг хуындмæ та!» — загъта хи нымæры Оленин, сыстад йæ бынатæй æмæ цæуынвæнд скодта. — Кæдæм кæ, мæ лымæн? — Мæхицæн тамако æрбахæссон, — загъта уый, лидзын йæ зæрды уæвгæйæ, фæлæ йæ Белецкий йæ дысæй ацахста. — Æхца мæммæ ис, — загъта йын Белецкий францусагау. — Цæуæн нæй, фидыи хъæуы ам, — зæгъгæ, загъ- 294
та йæхи нымæры Оленин, æмæ йæм хъыг æркаст, кæй нæ арæхст, уый. _ Ныр Белецкий цытæ ’мæ куыдтæ кæны, афтæ кæнын мæ бон нæу мæнæн цымæ? Цæуын нæ хъуыд, (рæлæ цыд кæм фæдæн, уым сын сæ хъæлдзæгдзинад халын нæ хъæуы. Хъазахъимæ æмнозт кæнын хъæуы, æпдæр амал нæй. К/ъаддæр чи баназа, уый мардзæ фес- тæд, зæгъгæ, аст агуывзæйы кæм цыд, ахæм хъалац райста, сæнæй йæ байдзаг кодта æмæ йæ йæ бындза- рæй анызта. Чызджытæ йæм, джискъус æмæ дисгæн- гæйæ кастысты, куы нуæзта, уæд. Куыддæр сæм дис- саг æмæ æнапв фæкаст. Устенькæ ма сын ноджы фæйнæ нуазæны бахаста æмæ сæ дыууæйæн дæр аба кодта. — Чызджытæ, пæ бон хъæлдзæгæй арвитыны фа- дат нын ис, — загъта Устенькæ, тæбæгъы йын цы цып- пар æвзист сомы цæвæрдтой, уыдонæй дзæгъ-дзæгъ гæнгæйæ. Оленин æфсæрмы нал кодта, фæдзыххæлд, фæ- къæйныхдæр æмæ йыл фырдзырд бахæцыд. — Ныр та дæ рад у, Марьянæ, нуазæнтæ бахæсс, батæ гæнгæйæ, — загъта Белецкий æмæ йын йæ къух ацахста. — Ахæм ба дæ фæуыдзæн æмæ! — загъта Марья- н,æ, æмæ йæм, хъазгæйæ, йæ къухæй февзыста. — Бабайæн æнæ’хцайæ дæр аба чындæуыдзæн, — загъта чызджытæй иу. — Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Уымæй цы зæ- гъыс, уый зæгъ, — загъта Белецкий æмæ дзы йæхи атонынмæ чи хъавыд, уыцы чызгæн аба кодта. — Уы- мæй дын нæ уыдзæн,Марьянæ, — тынгæй дзырдта Бе- лецкий, — фæлæ ма мæнæ уæ фатеры цæрæгæн дæ нуазæн бахæсс. Белецкий Марьянæйы къухыл ныххæцыд, бандонмæ йæ хæстæг ракодта æмæ йæ Оленины фарсмæ æрба- дын кодта. — Мæнæ диссаджы рæсугъд! --- загъта Белецкий æмæ чызджы сæр зулаив иуфарсырдæм азылдта. Марьянæ йæм ницы сдзырдта, фæлæ Олениныл зынæрвæссон цæстæнгасæй йæ даргъ цæстытæ ра- хаста. 295
— Рæсугъдæй йын кæрон нæй! — загъта дыккаг хатт Белецкий. — Цæй рæсугъдтæ кæнут, цæ! — æмбарын кодта йæ цæстæнгасæй Марьянæ. Оленин йæхæдæг дæр не- ’мбæрста, цы ми кодта, уый, афтæмæй Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын аба кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ Марьянæ йæхи атыдта, Белецкийы æмæ стъол скъуырдта, æмæ пецы’рдæм балыгъд. Белецкий, чы- сыл ма бахъæуа, фæцæйхауд. Сеппæтæн дæр худæгæй ницы уал уыд. Белецкий чызджытæн сæ хъусы цы- дæртæ адзырдта æмæ сеппæт дæр хæдзарæй тыргъмæ ралыгъдысты. — Белецкийæн куы аба кодтаи, уæд æз цы код- тон? — загъта Оленин чызгæн. — Афтæ, нæ мæ фæнды, æндæр ма дзы исты ис, — радта йын дзуапп Марьянæ, йæ дæллаг был æмæ йе ’рфыг змæлын гæнгæйæ. — Уый баба у, — бафтыдта ма чызг худæнбылæй, стæй дуармæ бацыд æмæ йæ хойын бандыдта.— Цы йæ сæхкæдтат, фæлдурæччынтæ? — Цы нæ сæфы, уадз сæ, уыдон уым, мах та ам,— загъта Оленин, йæхи чызгмæ хæстæгдæр ласгæйæ. Чызг йæхи фæтар кодта æмæ йыл йæ къухæй æт- тæдæр ахæцыд, ома дард лæу, зæгъгæ. Оленинмæ та чызг афтæ хæрзуынд, афтæ аив фæкаст, æмæ йæхиуыл фæхудт, — йæ митæй æфсæрмы кæнын байдыдта. — Белецкий, дуар ма бакæ! Цæй дзеудзæлæй ми- тæ сты адон, дæ хорзæхæй! Марьяыæ та йæм ног бахудти йæ адджын, амонд- джын худтæй. Тæрсгæ цыдæр мæ кæныс? — сдзырдта йæм чызг. — Тæрсын дæр диссаг нæу, уыцы тызмæгæй кæ- сыс, раст дæ мады хуызæн. — О, Ерошкæимæ фылдæр куы бадай, уæд дæ чыз- джытæ сæ хъуыры æгънæгæн æнæ даргæ нæ фæуы- дзысты, æндæр мæт сæ нæй, — загъта Марьянæ, худæнбылæй, хæстæг æмæ комкоммæ Оленины цæсты- тæм кæсгæйæ. Оленин цы загътаид, уымæн ницы уал зыдта. — Сымахмæ куы цыдаин, уæд та?.. афарста йæ, æнæнхъæлгæйæ, Оленин. — Уæд хицæн хъуыддаг уыдаид,—загъта чызг йæ 296
сæрæй хъазгæйæ. Уыцы сахат Белецкий дуар байгом кодта. Марьянæ иуфарсырдæм йæхи фехста, Оленины зæнгтыл йæ агъд ахафта æмæ дарддæр алæууыд. «Цыдæриддæр хъуыды кодтон ныронг, уыдон сеп- пæт дæр ницы сты: уарзондзинад дæр, искæмæн дзæ- бæх, искæй тыххæй хи сæрвæлтау кæнын, Лукашкæ дæр. Æрмæст иу амонд ис: «амондджын чи уа, раст дæр уый у», — ахæм хъуыды æваст й,æ сæры абадт Оленинæн. Æмæ, .æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ, тых- джынæй рæсугъд Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын йæ уадул æмæ йæ мæнгцæстæн аба кодта. Марья- нæ йæм не смæсты, æрмæст хъæрæй ныххудти æмæ нннæ чызджытæм ралыгъди. Хъазт-изæр ууыл ахицæн. Зæронд. ус, Устенькæйы мад, быдыры куыстæй æрбахæццæ, чызджытæм баз- дæхт æмæ сын алывыд фæкалдта æмæ сæ фæсырдта. XXVI «Афтæ уæдæ, афтæ, — хъуыды кодта Оленин хп нымæры, фæстæмæ сæ хæдзармæ цæугæйæ. — Цæвит- тан хъуыддагæй мæ рохтæ чысыл сæхи бар суагътон, уæд ацы хъазахъаг чызджы æнæгъдау бирæ бауарз- таин». Уыцы хъуыдытимæ схуыссыд æмæ æнхъæл уыд, уыдæттæ йеттæ ферох уыдзысты æмæ та йæ зæронд царды бацæудзæн. Фæлæ> зæронд цард нал раздæхт. Марьянæимæ сæ царды æгъдæуттæ ныронджы хуызæн нал уыдысты. Се ’хсæн цы къул уыд, уый фехæлди. Сæмбæлгæйæ, Оленин кæддæриддæр чызгæн салам дæттын бай- дыдта. Хæдзары хицау æрцыд йæ фатеры мызд исынмæ æмæ Олен-ины хъæздыг æмæ таучелдзинады хабар куы бамбæрста, уæд æй йæхимæ бахуыдта. Зæронд ус дæр ыл цинтæ кæнын байдыдта æмæ йæм лæгъз дзьтхы уаг æруагъта. Хъазт-изæры фæстæ сæм Оленин арæх цыд æмæ сæм-иу æнафонтæм фæбадти. Мид хъæуы цыма ныронджы царды уаг кодта, афтæ зынд æтте бакæс- гæйæ, фæлæ мидæгæй, зæрдæйы хуылфы, зæронд цар- 297
дæн й,æ кой дæр нал уьгд. Бон сау изæрмæ-иу хъæды фæци. Гъа, ныр изæрдалынгтæ æрци, зæгъгæ, афтæ иу, аст сахатмæ æввахс, хæдзары хицæуттæм бацыд иунæ- гæй, кæнæ Ероижæимæ. Хæдзары хицæуттæ йыл афтæ фæцахуыр сты, æмæ-иу дисы бацыдысты, изæрæй-ну куы нæ зынд, уæд. Сæны тыххæй уæлдайджынтæй фы- ста, стæй æнæ уый дæр сабыр адæймаг уыд æмæ дзы хъаст ницæмæй кодтой. Ванюшæ йын-иу уырдæм цай бахаста; йæ бадæн уыд пецы цур къуымы. Зæронд ус æм хицоны цæспæй каст æмæ йæ цуры æнæ къæмдзæ- стыгæй, æнæфсæрмæй йæ куысты кой кодта, æмæ-иу аф- тæмæй, цай цымгæйæ, кæнæ сæн нуазгæйæ, ныхæстæ кодтой: куы хъазахъы, куы сыхæгты, куы Уæрæсейы тыххæй. Уæрæсейы хабæрттæ кæнгæйæ, Оленины ра- фæрс-бафæрс кодтой; уый дæр сын-иу дзуапп лæвæрд- та. Хаттæй-хатт-иу чиньгг райста æмæ-иу æй йæхи ны- мæры касти. Марьянæ-иу хъæддаг сæгъау, къæхтæ йæ быны бакодта æмæ-иу афтæмæй бадт пецы оæр, кæнæ талынг къуымы, æнцад æнцойæ, æнæ дзургæйæ. Фæлæ йын Оленин уыдта йæ цæстытæ, хъуыста йæ алы змæлды хъæр, æхсынæнты къæрццытæ, æмбæрста, йæ ныхæстæм ын зæрдиагæй, æнувыдæй кæй хъусы, уый, чиныджы Х1и нымæры кæогæйæ, æндæвта чызджы æв- вахсдзинад. Хаттæй-хатт æм афтæ зынд, цыма чызджы цæстытæ уымæ арæзт сты, уыйау, æмæ-иу æм афтæмæй куы фемдзаст, уæд-иу йæ ныхас фæурæдта æмæ-иу æм уыцы кæопæйæ баззад. Чызг-иу уæд уайтагъд йæхи амбæхста: Оленин та-иу уæд зæронд усимæ йæхи æх- сызгон ныхæстæ гæнæг окодта æмæ-иу æдзынæгæй хъуыста чызгæн й-æ улæфтмæ, йæ алы змæлдмæ, æн- хъæлмæ кæсгæйæ, кæд та мæм фæкæсид, зæгъгæ, ис- кæй цур-иу фылдæр хæттыты чызг йæхи йемæ лæгъз, хицоны дард кодта, хибарæй та йæм тызмæг, сырддза- стæй касти. Оленин сæм-иу хаттæй-хатт рагацау ба- цыд, чызг ма уынгæй нæма æрбаздæхтаид афтæ. Æвип- пайды-иу къæхты тыхджын хъæр фехъуыст æмæ-иу Марьянæ цъæх хæдоны мидæг хæдзары æрбалæууыд. Оленинмæ-иу хъæлдзæгæй рæвдауæн цæстæнгасæй ба- каст æмæ-иу ын йæ зæрдæйы тас æмæ хъæлдзæгдзи- над бауагъта. Олен’ин чызгæй ницы агуырдта, ницы дзы домдта, 298
афтæмæй та, куыд фæстæмæ тынгæй-тынгдæр, йæцард æнæ уый ад нал кодта, æнæ уый нал лæууыд, йæхи- цæн бынат нал ардта. Оленин хъæууон цардыл афтæ фæцахуыр, афтæ йын фæадджын, æмæ йæ фыццаг цард йæ цæсты ни- цы уал уыд, йæ койæ дæр зæрдæ рыст; сом-боны цард та йæ^хъуыдыйы дæр нæ уыд, уæлдайдæр, ныр цы цардæй цард, уыцы цардимæ баст куы нæуыдаид, уæд. Сæ хæдзарæй, хионтæй, кæнæ хæлæрттæй цы писмотæ иста, уым ын фæлгъатæгæй æмбарыы кодтой, сæфтыл æй кæй нымайынц æмæ йыл хъыг кæй кæнынц, уый. Оленин уый йæ зæрдæмæ мастæн хаста, уымæн æмæ йаахæдæг хъæуы мидæг цы цардæй цард, уыцы æгъда- уыл чи нæ цард, уыдон сеппæты дæр сæфтыл нымад- та. Йæ зæронд цард йæ зæрдæйæ канй аппæрста, æмæ ам, хъæуы мидæг, хибарæй, нæхстæры цæрæгау, йæ царды уаг зæрдæвæндонæй кæй сарæзта, ууыл фæс- мон кæй нмкуы фæкæндзæн, уый тыххæй йæ зæрдæ фидар уыд. Æфсады, кæнæ стæры цæугæйæ, æмæ фи- дæртты мидæг йæ цардæй разы уыд. Æрмæст иунæг Ерошкæйы базыры бынæй, йæ ахуыр хъæдæй, йæ хъæугæрон арæзт хæдзарæй азргом уыдтæ йæ зазронд царды гæдыдзинæдтæ, уæлдайдæр Марьянæ ’мæ Лу- кашкæ-иу зæрдыл куы ’рлæууыдысты, уæд. Уыцы гæ- дыдзинæдтæ, фыццаг уым цæргæйæ дæр, нæ уарзта, фыццаджы дæр ын зæрдæнизы хос уыдысты, ныр та йæм æлгъаг, худæг кастысты æмæ сæ йе сæфт уыдта. Ам цыма бонæй-бон тынгдæр, бонæй-бон хуыздæр æмæ сæрибардæр кодта, афтæ йæм каст. Кавказæн, юуыд æнхъæл уыд, уыцы хуызæй, уыцы æгъдауæй йæм ницы ссардта. Нæ дзы ссардта: нымæттæ дæр, айнæ- джытæ, Амалат-бектæ, хъæбатыртæ, æвзæргæнджытæ. «Адæм цьг вæййынц, уый сты ам дæр, æмæ дуне цы æгъдауыл цæры, афтæ цæрынц уыдон дæр: мæлынц, гуырынц, мыккаг, цот кæнынц ноджыдæр та гуырынц, тох кæнынц, нуазынц, хæрынц, цин кæнынц æмæ та мæлынц, нæ дуне хурæн, кæрдæгæн, бæласæн цы æнус- мæ æгъдæуттæ сарæзта, уыцы æгъдæуттыл. Æпдæр æгъдæуттæ сæм нæй...» Уый адыл амы адæмы йæхи- уыл куы абарста, уæд-иу æм рæсугъддæр, хуыздæр, тыхджындæр, оæрибардæр зындысты, æмæ, уымæ гæс- 299
гæ, йæхимæ æгад æркаст, йæхицæй æфсæрмы кодта æмæ йæ зæрдæ рыст. Арæх-иу æм ахæм зонд æрцыду æмæ уыцы зæронд хъуыддæгтæ аппар, ферох кæн, æм.æ хъазахъыл дæхи ныффысс, фос, хæдзар балхæ, хъазахъаг чызг æрхæсс, æрмæст Марьянæйы нæ, уый Лукашкæйæн саккаг кодта, фæлæ æндæры, æмæ цæр Ерошкæимæ, йемæ цуан кæ, кæсаг ахс æмæ хъазахъи- мæ хæстмæ цу. «Уæдæ цымæ цæуылнæ кæнын афтæ? Цæмæ ма æнхъæлмæкæсын?» — афарста-иу йæхæдæг йæхи. Æмæ-иу йæхи ардыдта, йæхи æфсæрмы кодта: «æвæццæгæн, хорз æмæ мæм раст чи кæсы, уый бакæ- ныны ныфс мжм нæй, уый бакæнын нæ уæндын? Хуы- мæтæджы хъазахъаг ус дунемæ хæстæгдæр цæру фьгдбылыз макæмæн у, уыимæ ма адæмæн хорздзи- нæдтæ кæн, уыдæттæм бæллын цæмæй æвзæрдæр у, фыццаг цæмæ хъавыдтæн æмæ бæллыдтæн, уыдо- нæй, — дзырдæн зæгъæм, министрæй кæнæ полчъы хицауæй». Фæлæ йæм йæ зæрдæйы бын-æй цавæрдæр хъæлæс дзырдта:—ма батагъд кæн, багæдзæ уал кæн. — Йæхæдæг дæр æргом бæлвырд кæй не ’мбæр ■ ста, ахæм зонд æй урæдта æмæ йæ нæ уагъта Ерош- кæ æмæ Лукашкæйы цард æмæ æгъдæутты мидæг цæ- рын, уымæн æмæ уый æндæр амондыл хæст у — жжæ- мæн дзæбæхдзинад кæнын искæй тыххæй хи сæрвæл- тау кæнын. Лукашкæйæн цы æгъдау радта, ууыл абон дæр ма цин кæны. Æппынæдзухæй агуырдта иокæмæн исты хорздзинад ракæнын, фæлæ ахæм амал, ахæм фа- датыл нæ хæст кодта. Хаттæй-хатт-иу æй ферох, кæй ссардта, уыцы ног амонддæттæг æвдадзы хос, æмæ-иу æм ныфс æрцыд Ерошкæимæ иу цардæй фæцæрын, фæлæ та-иу уайтагъд æрномыл æмæ та-иу ахæм зон- дыл ныллæууыд: хи æрхæссын иокæй сæрыл, искæй дзæбæхдзинады тыххæй, æмæ уый сæраппонд сæры- стыр, æнæ ’рвæссон каст кодта æппæт адæммæ æмæ искæй амондмæ. XXVII Лукашкæ, раст сæнæфсир тонын афоны размæг Оленинмæ бæхыл æрбалæууыд. Уыцы бон Лукашкæ, æнæуый бонтæй, аивдæр æмæ сагдæр арæзт уыд. 300
— Ус н-æма курыс? — хъæлдзæгдзастæй кæсгæйæ йæ афарсга Оленин. Лукашкæ йын комкоммæ дзуапп нæ радта. — Мæнæ дын дæ бæхы æндæрæй баивтон доны фаллаг фарс. Ахæм бæх никуы ис! Сыгъдæг казсгон лов-дамгъæ. Гæды дын ма зæгъон, бæхæн йæ хорз уарзын. Ног æлхæд бæкмæ æркæстытæ кодтой, кæрты йыл схъазыдысты. Бæхæй ма дзы цы загъдæуыдаид, — æнæгъдау хорз уыд: пох, стæччын, фæтæнтæ арæзт, даргъ астæу, æрттиваг хъуыны хатт, бæзджын дымæг, тæнæг, хæрзмыккаг бæрæггæнæн аив барц æмæ мæ- сьиг. Нæрдæй та афтæ уыд, æмæ йын йе рагъыл уат бакæ. Иттæг рæсугъд, аив, æнæ сахъат сæфтджытæ, цæстытæ æмæ уæнгты æвæрд, хæрзмыккаг бæхæн куыд вæййынц, афтæ. Оленин ыл цин кодта æмæ йæм кæсы- нæй не ’фсæсти. Ахæм рæсугъд бæхыл нырма никуы ма сæмбæлд Кавказы бæсты. — Уæд йæ цыд та, йæ цыд! æнцой рагъ, —дзырд- та Лукашкæ, бæхы бæрзæй хойгæйæ; — йæ цапуал та уымæй диссагдæр! Ноджы æмбаргæ: йæ хицауы фæ- дыл, адæймаг куыддæриддæр уа, афтæ згъоры. — Уæлæфтауæн ма йыч цас радтай! — бафарста Оленин. — Нæ сæ банымадтон, — йæ мидбылты худгæйæ, загъта Лукашкæ. Мæ хæлары руаджы мæ къухы бафтыд. — Диосаг рæсугъд бæх у, раст зæгъгæйæ! Цас æй кæныс? — афарста Оленин. — Фынддæс туманы мын иста, дæуæн та—лæ- вар, — загъта хъæлдзæгæй Лукашкæ. —Æрмæст дæ дзыхæй ныхас ссæуæд, уый йеттæмæ фæстæмæ фæкæ- сæн нæй. Йæ саргъ ын фелвасдзынæн æмæ дын хæлар уæд. Мæнæн та цы хъаджыдæр у, цы фæнды дæр мып радт йæ бæсты. — Нæ, уый гæнæн нæй! — Уæдæ дын мæнæ лæвар дæр куы ’рбахастон, — Лукашкæ йæ астæуæй йæ рон сыхæлдта æмæ йæ фар- сыл дыууæ хъамайæ иу райста. — Фаллаг фарс мæ къухы бафтыд. — Стыр бузныг. 301
— Сæнæфсир та дын мæ мад йæхæдæг æрбахæсси- наг уыд. — Уыдæттæ цæмæн хъæуынц æниу, иокуы бон ба- нымайдзыстæм. Ныр дын мæнæ æз дæ хъамайы тых- хæй æхца, мийаг, куы нæ фиддзынæн. — Уый та куьгд? хæлæрттæ куы стæм. Мæн aii- фыццаг кæддæр фаллат фарс Гирей-хан йæхæдзармæ бахуыдта æм.æ мын загъта: «равзар бархийæ, цы дæ фæнды, уый». Æз мæнæ ацы æхсаргард райстон. Max æгъдау афтæ у. Сæ дыууæ дæр мидæмæ хæдзармæ бацыдыс1Ы æмæ, куыд æмбæлы, афта^ банызтой. Ам кæдмæ фæуыдзынæ? — афарста Оленин. — Хæрзбон зæгъынмæ æрбауадтæн. Постæй мæ æфсæдтæм аивтой Терчы фаллаг фарсмæ. Абоны боп мын æнæ цæугæ нæй ме ’мбал Назаримæ. — Уый дæр хорз, фæлæ чындз та кæд хæсоæм? — Тагъд фæстæмæ æрбаздæхдзынæн; уæд бафи- даудзыстæм, стæй та фæстæмæ мæ куыстмæ, — æвæн- донæй йын дзуапп радта Лукашкæ. — Уый та куыд, дæ куырд усы ма фен, афтæмæй? — Æмæ йæ цы уынон, никуы йæ федтон? — Æфсæдтимæ стæры кæнæ хæстмæ куы цæуой, уæд-иу мах сотняйы мæнæй уый бафæрс. Лукашкæ Широкий, зæгъгæ-иу зæгъ. Хуытæн уым ныккæнæн нæй! Æз дзы айфыццаг дыууæ амардтон. Æнæ хонгæ дын нæй уырдæм. Цæй, хæрзбон уал у! Чырыстийы уазæг у. Лукашкæ Марьянæмæ нал бацыд, бæхыл абадт æмæ уынджы дæлæмæ, бæхыл хъазгæйæ, афардæг. Назаркæ йæм æнхъæлмæ кæм каст, уырдæм. — Гъæй, нал æй бабæрæг кæндзыстæм? — афарста Назаркæ, йæ цæст Яшкæ кæм цард, уыцырдæм ны- къулгæйæ. — Уæртæ куы ис, уæртæ, гъа мæнæ бæх дæр дема* алас æмæ цæугæ уырдæм. Æз, мийаг, æгæр куы афæстиат уон, уæд-иу бæхæн хор радт. Уæддæр рай- сом сæударæй нæ бынаты уыдзыстæм. — йед та, а-юнкер дын ницы уал балæвар кодта? — Нæ, хуыцау хорз, æмæ йын хъама балæвар код- тон, кæннод, чысыл ма бахъæуа, мæ бæх мын фæцæй- 302
куырдта, бахæлæг æм кодта, уый бахъуыды кæ, — загъта Лукашкæ, бæхæй хизгæйæ æмæ йæ Назаркæмæ дæттгæйæ. — Лукашкæ раст Оленины рудзынджы бынты фæ- сыффытт ласта, кæрты смидæг æмæ хæдзары хицауы уаты рудзынгмæ бацыд. Бынтон æрталынгтæ ис. Марьянæ афтид хæдоны мидæг йæ сæр фаста, хуыс- сынмæ хъавыд. — Æз дæн, — сусæгæй одзырдта хъазахъаг. Марьянæйы цæсгом, цыма никæй ницæмæ дардта, афтæ уыд; йæ ном куы фехъуыста, уæд æваст фæ- хъæлдзæг. Рудзынг фæхъил кодта æмæ, тæрсгæ ’мæ цингæнгæйæ, рудзьшгæй йæ сæр радардта. — Цы дæ хъæуы? Ныр цы æрбацыдтæ? — сдзырд- та чызг. — Ныууадз уал æй, — загъта Лукашкæ. Æрмæст м,æ иу минут бауадз мидæмæ. Æнæ дæу афтæ схъыг дæн, афтæ, æмæ дын æй куыд зæгъон. Лукашкæ чызджы сæр йæ хъæбысмæ æрбалхъывта æмæ чызгæн аба кодта. — Æцæг зæгъын, ныууадз уал. — Ныр дзæгъæл цæмæн дзурыс! Куы дын загътон, нæ дæ æрбауадздзьшæн. Бирæ фæуыдзынæ ам? Лукашкæ йæм ницы дзырдта, æрмæст ын батæ код- та; дзурынмæ йæ нал æвдæлд. Чызг дæр æй ницæмæй уал фарста. — Зæрдæвæндоныл хъæбыс акæнæн дæр нæй, не ’ххæссын дзæбæх рудзынджы сæрты, — загъта Лу- кашкæ. — Марьянушкæ, — фехъуыст зæронд усы хъæ- лæс. — Уый та дын чи у? Лукашкæ йæ худ фелвæста, уымæ гæсгæ йæ куы базона, уый тæссæй, æмæ рудзыыджы бын æрбадт. — Цæугæ тагъд,—сусæгæй загъта Марьянæ. — Лукашкæ уыди, — радта дзуапп чызг йæ мадæн,. бабайы фарста цыдæр хъуыддаджы тыххæй. — Хорз, хорз, мидæмæ йæ рахон. — Аивгъуыдта, нæ дам мæ æвдæлы. Æмæ æцæг, Лукашкæ, тагъд къахдзæфтæ гæнгæ рауади рудзгуыты бынты æмæ Ямкæйы ’рдæм афар- дæг. Æрмæст æй Оленин федта, æндæр ничи. Дыууæ 303
хъалацы сæн банызта æмæ Назаркæимæ бæхтыл хъæ- уæй раивгъуыдтой. Æхсæв уыд хъарм, мæйдар æмæ сабыр, æнæ дымгæ. Цыдысты æнæ дзургæйæ, æрмæст ма бæхты къæхты хъ’æр хъуыст. Лукашкæ хъазахъаг Мингалы зарæг ныккодта, фæлæ йæ æрдæгыл фæ- уагъта æмæ Назаркæмæ дзуры: — Уый бахъуыды кæн, æмæ мæ йæхимæ нæ ба- уагъта. — Афтæ у, уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? — дзуапп ын радта Назаркæ. — Кæй дæ нæ бауадздзæн, уый æз, æнæ дæу зæгъгæйæ дæр, зыдтон? Юнкер дам сæм цæ- уын байдыта. Ерошкæ йын хæрзгæнæг ныллæууыд. Йæхицæй æппæлыд, Марьянæйы тыххæй юнкерæй гæртам топп райстон, зæгъгæ. — Гæдытæ дзуры, фæлитой! — мæстыйæ загъта Лукашкæ. Æз уыцы зæронд хъебырæн йæ фæрстæ куы нæ банымайон, уæд ам лæг нæй. Æмæ йæ уарзон за- рæг ныккодта. "Из села было Измаилова, Из любимого садочка сударева" XXVIII Хæдзары хицæуттæм фидауынмæ æрбацыдысты. Лукашкæ хъæумæ бæхыл æрбацыд æмæ Оленины нæ бабæрæг кодта. Оленин дæр хæрунжæйы хуындмæ гæс- гæ нæ бацыд. Уыцы хъæуы цы бон æрцард, уæдæй ар- дæм афтæ æнкъард никуы уыд, Лукашкæ йæ мадимæ, дыууæ изæр астæу, хæдзары хицæуттæм усгур лæппу арæзтæй бацыд. Оленин сæ федта, æмæ тыхст, хъын- цъьш кодта, — хъыг ын уыд, Лукашкæ дзы цæмæй- дæр разы кæй нæ уыд аамæ йæм уазал зæрдæ кæй дардта, уый тыххæй. Оленин дуæрттæ йæхиуыл бах- кæдта æмæ йæ боныг фыссын байдыдта. «Бирæ фæхъуыдытæ кодтон а-фæстаг бонты, бирæ хъуыдытæ ногæй аивтон, ныронг цы уыдтæн, уымæй адарддæн, æмæ, сывæллон кæй бамбардзæн, ахæм 304
иог бæлвырд зонд мæм æрцыд. Адæймаг амондджын цæмæй уа, уый тыххæй йæ хъæуы уарзын æмæуарзын, æмæ хи сæрвæлтау кæнын. Уарз алкæй дæр æмæ алцы дæр. Хæлуарæджы тынау сараз дæ уарзондзинады тынтæ алы ран æмæ дзы чи бахауа, ууыл хæц. Афтæ æрцахстон æз Ванюшæйы, Ерошкæйы, æмæ Марья- нæйы. Гъа ныр фыст фæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ йæм Ерошкæ æрбалæууыд. Ерошкæ йæ зæрдæйы хъæлдзæгыл уыд. Айфыццаг кæддæр Оленин изæрырдæм Ерошкæмæ бацыд æмæ йæ баййæфта кæрты мидæг хъæддаг хуыйы марды уæлхъус. Ерошкæ йæхиуыл фервæссыд æмæ амонд- джын, сæрыстыр цæстæнгасæй кæсгæйæ, чысыл хæ- рынкъайæ хуыйы мард уæнгтæ кодта. Куыйтæ, йæ уарзон Лям се ’хсæн, афтæмæй, йæ цуры хуыссыды- сты æмæ сабыргай, сæ дымджытæ тилгæйæ, Ерош- кæйы куыстмæ кастысты. Сывæллæттæ æпæуып бон- иу куыд кодтой, афтæ йæ мæстæй нал мардтой, фæлæ йæм быруйы сæрты уарзæгой каст кодтой. Сыхаг усты- тæ йæ тынг буц гæнаг нæ уыдысты, ныр ын схицонтæ сты æмæ алырдыгæй гæппытæ кодтой æмæ хастой, чи сæны гоцъоби, чи хъаймагъ, чи цы, чи цы. Дыккаг райсом Ерошкæ сæ сарайы бадти тугæй дзаг дзауматы мидæг æмæ джиранкагай уæрста фыд, кæмæн æх- цайыл, кæмæн сæныл. Йæ цæсгомыл фыст уыд: «хуы- цау амонд радта, сырд амардтон, æмæ та сæ ныр мæ сæр бахъуыд». Уый адыл фырцинæй нозтыл фæци æмæ хъæуы абон цыппæрæймаг бон пуæзта. А-изæр фидыды хъуыддаджы дæр банызта. Ерошкæ Оленинмæ! æрбацыд фыдрасыгæн, пæ сæр, йæ фат нал æмбæрста афтæмæй, сырх-сирхид цæсгом æмæ пыхцыл зачъетимæ, хæрдгæбыдæй арæзт морæ куырæты мидæг, йæ къухы цыдæр фæндыргонд, фал- лаг фарсæй æрбахæсгæ, цавæрдæр хъæдæй конд. Оле- нинæн раджы бавæрдта зæрдæ, иу ахæмы дæ бахъæл- дзæг кæндзынæн, зæгъгæ, ныр йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд. Оленины фысгæ куы баййæфта, уæд бахъынцъым кодта. ^ — Фысс, фысс, — загъта Ерошкæ ныллæг хъæлæ- сæй, цыма’ афтæ æнхъæл уыд, Оленин æмæ гæх- 20 Л. Н. Толстой. 305
хæттыты æхсæн хæйрæджытæй чидæр бады, æмæ йæ куы фæтæрсын кæна, уый тæссæй, æнæ хъæ- лæбайæ, сусæгæй зæххы æрбадт. Расыгæй йæм зæххы бадыпæй дзæбæхдæр ницы каст. Оленин æм фæстæмæ фæкаст, сæн æрбахæссын кодта æмæ та фыссыныл фæци. Ерошкæмæ иунæгæй нуазын нæ цыд, — аныхас æй фæндыд. — Хæдзары хицæуттæм уыдтæн, фидаугæ кæнынц. Æвзæр сты! Сæ хуынд дæр ницы æмæ сæхæдæг дæр! Нæ хъæуынц! Фæлтау та демæ абаддзынæн. — Кæм дын уыд уыцы бæлæлайкæ?—Афарста йæ Оленин, фысгæ-фыссын. — Доны фаллаг фарс уыдтæн, бæлæлайкæ дæр уым самал кодтон, — загъта сабыргай Ерошкæ. — Дæсны дæн цæгъдынмæ: тæтæйраг зæгъай, хъа- хъаг зæгъай, уæздан адæмы, салдæтты зæгъай, хъа- джыдæр мын нæу, кæцы дын нæ акæндзынæн, ахæм нæй. Оленин æм фæкаст, бахудт æмæ та фыссын бай- дыдта. Уыцы бахудтмæ зæронд лæг фæныфсджын. — Ныууадз ма, цæй, дæ фыдыстæн! Цæй фыст у уый! — загъта, цæхкæр Ерошкæ барджын дзыхы уагæй. — Бафхæрдтой дæ æмæ сын сæ хуыцау æгъ- гъæд фæуæд, ныккуыйты сæ уадз. Ныр цы фыссыс! Цы пайда у, цæмæн хъæуы! Æмæ Оленины фæзмын байдыдта, йæ къухы ставд æнгуылдзтæй фæйнæгбын зæхх хойгæйæ, æмæ йæ цæс- гом ныззылын кодта, былысчъилтæ гæнгæйæ. — Гæды хъæстытæ та фыссыс? Фæлтау дзы ных- хырх æмæ адæмы хуызæн уай! Фыстмæ та ахæм цæстæй каст, .æмæ, уыйырдыгонау, æрмæст гæды, фыдбылыз, мæнг хъæстытæ фыссæн ис, æндæр ницьт. Оленин зæрдиагæй йæ дзыхы дзаг ныххудт. Ерош- кæ дæр афтæ æмæ йæ мидбынатæн фæтæррæтт ласта, æмæ йæ дæсныдзинад .æвдисын байдыдта, тæтæйраг, цæгъдтытæ гæнгæйæ. — Фыссын та циу, уадз æмæ лæууа! Фæлтау мæм байхъус, æз дын азарон. Мæрдты иал зардзыстæм. Хæрын æм.æ нуазын хъæуы! 305
Фыццаг йæхи конд зарæг акодта. А ДИ-ДИ-ДИ-ДЛ-ДИ-ЛИ. А где его видели? На базаре в лавке Продæт булавки. Уый фæстæ та, фельдфебель ын кæй бацамыдта, уый: В понедельник я влюбился, Весь овторник прострадал, В середу в любви открылся, В четверток ответу ждал. В пятницу пришло решенье Чтоб не ждать -мне уте1шенья, А во светлую субботу Жить окончить предпринял, Но храня ’души спасенье, Я раздумал в воскресенье. Стæй та ногæй: А ди-ди-ди-ди-ли-ли А 1де его видели Стæй, йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ fie уæнгтæй каф- гæйæ, ныззарыд: Поцелую, обо*шу, Алой лентой перевью, Надеженькой иазову. Надеженька, ты моя, Верно ль любишь ты меня? Ерошкæ афтæ бахъæлдзæг, æмæ, рог-рог цæгъд- гæйæ, аив фæзылд, æмæ иунæгæй уаты мидæг кафын байдыдта. Ди-ди-ли зарæг æм,æ иннæ уæздæтты зарджытæ сæрмагопд Оленины тыххæй акодта; фæлæ ма уый фæстæ æртæ сæыы агуывзæйы куы апызта, уæд зæ- ронд заман йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ уæд æцæг хъазахъаг æмæ тæгæйраг зарджытæ кæнын байдыта. Иу уарзон зарæг æмбисмæ куы ахæццæ кодта, уæд йæ хъæлæс æвиппайды ныззырзыр кодта æмæ æваст фæ- хъус, æрмæст ма фæндыры хъистыл къухы æнгуылдз- тæ змæлыдысты, сæ куыст кодтой. — Æй, мæ хæлар лæг! — загъта Ерошкæ. Æиахуыр кæуын хъæлæсы хаттмæ Оленин фæ- С07
стæмæ фæкаст: зæронд лæг куыдта. Цæстытæ до- нæй айдзаг сты, иу цæсты сыг та уадулыл дæлæмæ цыд. — Аивгъуыдта мæ рæстæг, нал раздæхдзæн, цы фæдæн уый фæдæн, — хæкъуырццгæнгæйæ сдзырдта зæронд лæг. — Баназ, — æваст фæхъæр кодта йæ цæ- сты сыгтæ сæрфгæйæ. Тынгдæр ын йæ зæрдæ тавлинаг зарæг смæгуыр кодта. Ныхæстæ дзы бирæ нæ уыд, фæлæ йæ зæр- дæмæгуыргæнæн, хъарæггæнæгау зардау уыд: «Ай! дай! далалай», зæгъгæ, зæрдæйы ауындзæнтæм æв- нæлдта Ерошкæ зарæджы ныхæстæ ратæлмац код- та: «Сахъ лæппу хъæуæй хохмæ йæ фос аскъæрдта, уырыс æрбацыдысты, хъæуыл бандзæрстой, нæлгой- мæгты фæцагътой, сылгоймæгты уацары акодтой. Сахъ лæппу хохæй фæстæмæ æрыздæхт æмæ иæ æдзæрæгæй ссардта. Мад нал, хæдзар нал, æфсымæр нал. Иун-æг бæлас ма дзы баззад. Сахъ лæппу бæла- сы бын æрбадт æмæ зæрдиагæй ныккуыдта. Мæнæ дæу хуызæн зыбыты иунæгæй баззад. Æмæ ныззарыд: ай! дай! далалай!» Зæронд лæг уыцы зæрдæхалæн зарæг фæд-фæдыл къорд хатты ныккодта. Зард куы фæци, уæд Ерошкæ къулыл ауыгъд топпмæ фæлæбурдта, кæртмæ рауад æмæ дыууæ хæ- тæлæй дæр фæгæрах кодта. Æмæ та ног поджы æн- къарддæрæй ныззарыд: «ай! дай! далалай а-а!» æм:е ныхъус. Оленин йæ фæдыл рауад; топпы гæрæхты цæхæр- тырдæм талынг стъалыджын арвмæ скаст. Хæдзары хицауы уатæй рухс цыд, ныхас хъуыст. Кæрты чыз- джытæ къордгæйттæй æмбырдтæ кодтой, æмæ х-æдза- рæй тыргъы астæу æттæмæ-мидæмæ кодтой. Топпы гæрæхтæм хæдзарæй иу къорд хъазахъаджы рагæп- пытæ кодтой æмæ Ерошкæйæн фæстаджырдæм ба- хъырныдтой. — Ды сæм цæуылнæ цæуыс? — афарста Оленин. — Сæ хуыцау сын æгъгъæд фæуæд, — загъта зæ- ронд лæг, æвæццæгæн ,æй истæмæй афхæрдтой. — Мæ зæрдæ сæм нæ комы, нæ уарзын! Уыдон адæм сты! Цом хæдзармæ. Уыдон сæхицæн, мах та нæхицæн нуаздзыстæм. 308
Оленин фæстæмæ уатмæ баздæхт. —^ Лукашкæ цымæ хъæлдзæг нæу? Ардæм мæммæ не ’рбацæудзæн? — афарста Оленин. — Лукашкæ цы! Гæды ныхæстæ йын фæкодтой, цыма æз чызджы дæуырдæм ардауын, — загъта зæ- ронд лæг. — Æмæ чызг цы? Куы нæ бафæнда, уæд мах уыдзæн, бæгуыдæр. Æхцайæ тынгдæр куы фæкæ- сис, уæд мæнæ ис. Уый дын мæ быгъдуан; чи йæ са- раздзæн, уый æз. Æцæг зæгъын. — Нæй, уарзондзинад куы нæ уа, уæд æхцайæ ни- цы сараздзынæ. Хуыздæр уаид, уый кой куы нæ кæ- нис, уæд. — Уарзон не стæм æз æмæ ды, сидзæртæ стæм, — æваст сдзырдта Ерошкæ æмæ та кæуын байдыдта. Оленин зæронд лæджы ныхæстæм хъусгæйæ, цы æмбæлди, уьшæй фылдæр анызта. «Лукашкæ ныр амондджын у, — хъуыды кодта хи нымæры Оленин, фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ рыст. Зæронд лæг ацы изæр йæхи хъаччынæй нæ ныууагъта, афтæ дзы ныххырхта, æмæ йæ къæхтыл нал лæууыд — ахауд. Ванюшæ феххуыс кæнынмæ салдæттæм бадзырдта æмæ йæ, ту- тæ гæнгæйæ, æттæмæ раласта. Афтæ мæсты йæм уыд зæронд лæгмæ йæ æбуалгъ миты тыххæй, æмæ фран- цусагау дæр ницы уал загъта. XXIX Августы мæй уыд. Хорз рæстæг скодта; фæд-фæдыл иу къорд боны арвыл мигъы цъупп хæснагыл дæр не ссардтаис. Хур æнæвгъау сьггъта. Райсомæй уадысм кодта æмæ арыхъытæй æмæ фæндæгтæй тæвд змис систа æмæ йæ уæлдæфы мидæг мигъау хаста хъамы- лы, бæлæсты æмæ хъæуты сæрты. Кæрдæг æмæ бæ- лæсты сыфтæртæ рыгæй иал зындысты. Фæндæгтæ, цыма сæ мæрзгæ ныччынди, афтæ сыгъдæг сысты æмæ хъæбæр хъæр кодтой. Терчы дон раджы æрбадт, тагъд цыд æмæ сысыд къанæутты. Хъæугæрон цады былтыл хъомвосы фæдæй дзаг змисдзæстытæ зынын бай- дыдтой æмæ æнæхъæн бон сау-изæрмæ уырды- 309
гæй хъуыстис доны цæллахъ æмæ сывæллæтты хьæр Быдыры змисджын рæттæ æмæ хъамылтæ хус кæнын байдыдтой. Хъомвос боныгонæмбу кодтой æмæ къуым- тæм лыгъдысты. Сырдтæ сæхи дард хъамылтæ æмæ хæхтæм айстой, Теркæн уыцы фарсмæ. Къогъотæ æмæ лыстæг сау бындзытæ фæлмы хуызæн æрбадтысты ныллæг рæтты æмæ хъæуты сæрмæ. Митджын хæхтæ аиыгъуылдысты цъæх мигъы мидæп Уæлдæф уыд тæ- нæг æмæ æвзæр тæф кодта. Абырджытæ цыма бадт доны тæнджыты ацы фарсмæ æрбахызтысты, ахæм ныхæстæ кодтой. Хур алы изæр тæвд сырх сæуæхоид- ты мидæг ныгуылди. Куысг йæ тæккæ тыпгыл уыд, уд исынмæ дæр никæй æвдæлд, æмæ хъæууон кусæг адæм æмызмæлд кодтой харбызы хуымты æмæ сæнæфсир- дæтты. Дыргъдæттæ байдзаг сты, тыхсаг зайæгойæ æмæ уазал аууон дардтой. Алырдыгæй уæрæх рæ- сугъд сыфтæрты æхсæнæй сау дардтой рæгъæд, уæз- зау сæнæфсиры цупæлттæ. Цæхæрадæтты рыгæйдзаг фæндагыл лæстысты, сау сæнæфсирæй цъуппдзаг хъинцгæнаг уæрдæттæ. Рыгæйдзаг фæндагыл куы кæм, куы кæм лæууыдысты, цалх кæуыл азылд, ахæм цъæл сæнæфсиры цупæлттæ. Æвзонг сывæллæттæ сæнæфси- рæй ахуырст хæдæтты мидæг, сæнæфсирæй дзаг къух- тæ æмæ дзыхтимæ сæ мадæлты фæстæ згъордтой. Æххуырстытæ бызгъуырты мидæг æнæ сцухæй æмбæл- дысты фæндагыл сæ тыхджын æккæйттыл сæнæфси- рæй дзаг тæсчъытæ* хæсгæйæ. Сæнæфсирæй цъуппдзаг уæрдæтты ифтыгъд галты сæрыл хæцыдысты устьгте, кæлмæрзæнтæй тыхт цæсгæмттимæ цæстыты онг. Фæн- дагыл уæрдонджынтыл салдæттæ æмбæлдысты æмæ хъазахъы устытæй сæнæфоиртæ куырдтой. Уыцы цæу- гæ-цæуын-иу устытæй исчи уæрдонмæ сгæпп ласга, хъæбысы дзаг-иу сæнæфсиртæ фелвæста æмæ сæ-ну салдаты фæччийы ньгккалдта. Иугай хæдзæртты сæ- нæфоир лаамарын байдыдтой. Цъæл сæнæфсиры тæ- фæй уæлдæф байдзаг. Тугхуыз сырх арынгтæ зынды- сты тапкаты бьшæй, ногъайаг æххуырстытæ та—кæр- тытæй. Хуытæ, фыррыччытæ гæнгæ, хордтой сæнæф- сиры цъацъатæ æмæ сыл ратул-батул кодтой. Хурмæ хус кæнынмæ кæй цæвæрдтой, ахæм, янтары хуызæн, сау оæнæфсиры цупæлттæй хæдзæртты тъæпæн уæл- 310
хæдзæрттæ нæ зындысты. Халæттæ мæ дзæгъындз- джытæ, нæмгуытæ уидзгæйæ, кæрæдзи æлхъывтойуæл- хæдзæртты цур æмæ иу ранæй иннæ ранмæ ратæх-ба- тæх кодтой. Адæм сæ афæдзы фæллой хъæлдзæгæй æмбырд кодтой. Ацы аз дыргътæ иттæг сыгъдæг æмæ зад уы- дысты. Цъæх-цъæхид цæхæрадæтты аууæттæй, зад сæнæф- сирдæтты мидæгæй алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг худт, зарджытæ, сылгоймæгты уынæр, æмæ-иу куы кæм, куы кæм фæзындысты устыты алыхуызон ирд джиппæй фыст дзауматæ. Раст бонæмбисы Марьяиæ сæ цæхæрадоны бадти алтъами бæласы аууоны æмæ уæрдоны бынæй иста сихор сæ билонтæн. йæ комкоммæ тыгъд бæхæмбæр- зæныл бадти йæ фыд хæрунжий. Хæрунжий скъолайæ æрбахæццæ æмæ йæ къухтæ æхсадта. Лæппу, чызджы æфсымæр, æрмæст нырма ныртæккæ ’рбахæццæ цадæй, йæ дыстæй йæхи сæрфгæйæ, æмæ, сихормæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæд уыдзысты, зæгъгæ, цыбæл каст кодта, радыгай куы йæ мад, куы йæ хомæ, хæстулæфт гæн- гæйæ. Зæронд ус йæ тыхджын хурсыгъд цæнгтыл йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ ныллæг хохаг тымбыл фын- гыл сæнæфсир, хус кæсаг, хъаймагъ æм.æ дзул æрæ- вæрдта. Хæрунжий йæ къухтæ асæрфта, йæ худ си- ста, йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ фынгмæ йæхи хæстæгдæр байста. Лæппу дурыныл йæхи ныццав- та æмæ хæлæфæй дон нуазын байдыдта. Мад æмæ чызг сæ къæхтæ сæ быны, афтæмæй фынджы цур æр- бадтысты. Аууоны дæр æнæгъдау æнтæф уыд. Цæ- хæрадæтты сæрмæ уæлдæф смагæй байдзаг. Тыхджын уадысм бæлæсты цæнгты æхсæнты дымдта, фæлæ уазалдзинадæн ницы æххуыс уыд, æрмæст цæхæра- дæтты мидæг хæлиу сагъд кæрдо, алтъами æмæ ту- тайы бæлæсты цъуппытæ уыцы-иу æгъдауыл тасын кодта. Хæрунжий дыккаг хатт бакуывта, уый фæстæ чъылдымырдыгæй сæнæфсиры сыфæй æмбæрзт сæны гоцъоби æрбайста æмæ дзы йæ хъуырæй анызта, стæй йæ зæронд усмæ балæвæрдта. Хæрунжий уыд айдагъ хæдоны мидæг, æнæ ’вæрд æгънæджытимæ æмæ йæ нуарджын хъуынджын риу гомæй лæууыд. 311
Йæ хинæйдзаг цæсгом хъæлдзæг уыд. Йæ ныхæстæ æмæ фæлгонцмæ гæогæ бæрæг нæ уыд, хинæйдзаг арф зонды хицау кæй уыд, уый. Хъæлдзæг цы вæййы, уый уыд. — Изæрмæ нæ хæс куы ахæццæ кæнæм, уæд цы- ма фæуыдзыстæм? — загъта хæрунжий, йæ хуылыдз зачъетæ сæрфгæйæ. — Бафснайдзыстæм, — загъта зæронд ус, — рæстæг пæ ма бахъыгдарæд, уый йеттæмæ. Демкинтæ нырма æрдæг æфснайд дæр нæма фесты, — бафтыдта ма уый. — Устенькæ йæхæдæг зыбыты иунæгæй кусьт, йæхи мары, мæгуыр. — Кæм уыдон æмæ кæм мах!—сæрыстыр ныхас загъта хæрунжий. — Гъа, Марьянæ, цард дын фестон, аназ дзы ды дæр, — загъта зæронд ус, чызгмæ сæны гоцъоби дæтт- гæйæ. — Хуыцауы фæндонæй чызг æрвитын нæ бон бауыдзæн, ницæмæй хъуаг уыдзыстæм, — загъта мад. — Бæрæг нæй нырма, — загъта хæрунжий æмæ чысыл йæхи фæтар кодта. Чызг æфсæрмæй йæхи зæхмæ кæсæг скодта. — Уый та цы хоныс? — загъта зæронд ус. — Хъуыддаг ахицæн, бонтæ дæр уыйас бирæ нал ис. — Раздæр дзурын иицы хъæуы, — загъта та хæ- рупжий. — Ныр уал æрмæст æфснайын хъæуы. — Лукашкæйæн йæ ног æлхæд бæх цы федтаис? — афарста йæ зæронд ус. — Митрий Андреич ын цы бæх балæвар кодта, уый нал ис: æндæрæй йæ баивта. — Нæ, нæ федтон. Æз та абон нæ фатеры цæрæ- гæн йæ кусæджимæ ныхæстæ кодтон, — загъта хæрун- жий. — Уый куыд дзуры, афтæмæй та мин сомы райста. — Хъæздыг чи у, ахæм у, цыбыр ныхасæй,— загъ- та зæронд ус. Бипонтæ сеппæт дæр разы æмæхъæлдзæг уыдысты. Куыст сын хорз. æнтыст æмæ размæ цыд. Сæнæф- сир зад æмæ, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ хорз уыд. Марьянæ сихор бахордта, галты раз кæрдæг цæ- вæрдта, йæ куырæт йæ нывæрзæн батымбылтæ кодта гемæ уæрдоны бын ссæст донджын кæрдæджы уæлæ йæхн æруагъта. Йæ уæлæ уыд джиппæй фыст ирд- 312
цъæх хэедон, йæ хуыз чи сивта, ахæм, йæ сæрыл та зæлдаг кæлмæрзæн. Уæддæр ын тынг æнтæф уыд: цæсгом арт уагъта, къæхтæ бынат нæ ардтой, фæллад- хуыз цæстытæ хуыссæгхъæлдзæгæй уымæлбын уыды- сты, былтæ æвæндонæй байгом сты æмæ риу, рæст- улæфт гæпгæйæ, хæрдмæ бæрзоид цыд. Адæм куыстмæ куы бавнæлдтой, уæдæй ардæм ра- цыдаид дыууæ къуырийы. Æвзонг чызджы зæрдæ æнæскъуыйгæ куысты мæтæй никуы цух кодта йæ цæргæ бонты. Бонвианы-иу сæударæй, фæгæпп ласта йæ хуыссæнуатæй, йæхи-иу уазал донæй ахсадта, кæл- мæрзæнæй-иу йæхи æрбатыхта æмæ-иу бæгъæввадæй фосмæ азгъордта. Йæ къæхтыл йæ дзабыртæ, йæ уæлæ куырæт цырд акодтаид, дзул истæм атыхтаид, галтæ аифтыгътаид, æмæ-иу æнæхъæн бон цæхæрадонмæ ацыдаид. Уым-иу сахат йæ фæллад суагътаид, стæй- иу, æнæ ’рынцойæ куыста: лыгтæ кодта, тæсчъытæ ха- ста æмæ-иу фæскуыст изæрæй хъæлдзæгæй æвæлла- дæй, даргъ рæхснæг уис йæ къухы, афтæмæй, галты сæрыл хæцгæйæ, фæстæмæ æрбаздæхт. Рухсæй-иу фос- мæ базылд, æхсынæнтæ-иу йæ хæдоны уæрæх дысы ныккалдта æмæ-иу иу сахат фисынмæ, бæрæгон бы- натмæ, чызджытæм хи аирхæфсынмæ рацыд. Куыд- дæр-иу изæрдалынттæ æрци, афтæ-иу хæдзармæ æр- баздæхт, йæ мад, йæ фыдимæ-иу талынг уаты æхсæ- вæр бахордта, стæй-иу пецы сæр сбадт æмæ, рæдзæ- мæдзæ гæнгæйæ, сæ фатеры цæрæджы ныхæстæм хъуыста. Куыддæр-иу уый дуары æтте фæци, афтæ-иу чызг хуыссæны йæхи баппæрста æмæ-иу йæ къах дæр нал атылдтаид, афтæ-иу райсоммæ, æнæ райхъалæй, фæфынæй кодта. Дыккаг бон дæр афтæ. Куы ба- фидыдтой, уæдæй фæстæмæ Лукашкæйы нал федта æмæ зæрдæ ’нцойæ æнхъæлмæ каст йæ чындзы цæуæн бонмæ. Сæ фатеры цæрæгыл фæцахуыр æмæ йæм йе ’дзынæг кæстытæ адджын, æхсызгон кæсын байдыдгой. XXX Марьянæ фыр æнтæфæй йæ сæрæн нал уыд цы ра- кодтаид, уымæн ницыуал зыдта, къогъойæ йæ алы 313
фарс ныккæнæнтæ нæ уыд, йæ гыццыл æфсымæр йæ цуры хуыссыд, тæлфыд æмæ йæ хъыгдардта, фæлæ уæддæр йæ сæр кæлмæрзæнæй бамбæрзта æмæ, гъа ныр афынæй уыдзæн, зæгъгæ, афтæ, æнæ ’нхъæлгæйæ, сæ сыхаг чызг Устенькæ уым æрбалæууыд, уæрдоны бын фæмидæг æмæ Марьянæйы æмварс æрхуыссыд. — Хуысгæут, чызджытæ! Хуысгæут! — дзырдта Устенькæ, уæрдоны бын йæхи æмбæрзгæйæ, — фæлæу, афтæ хорз нæу,—зæгъгæ, фæкодта, уæлæмæ стгæйæ. Баздæхт æмæ цъæх къалиутæ æрбасæстытæ кодта, уæрдоны цæлхытыл сæ дыууæрдыгæй ацарæзта æмæ сæ уæлæ куырæт байтыгъта. — Стæй, иуырдæм, ауадз мæ! — фæхъæр кодта Устенькæ лæппуйыл, уæрдоны бынмæ лæсгæйæ: — хъазахъагæн чызджытимæ иу ран бынат нæй. Цæугæ! Дыууæ чызджы сæхæдæг хибарæй баззадысты уæр- доны бын. Устенькæ æваст Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын йæ уадултæ æмæ йæ дагллахъуыртур.н батæ кæнын байдыдта. — Мæ гыццыл хуры хай! —дзырдта Устенькæхуд- гæйæ, йæ рæсугъд зæрдæмæдзæугæ кæлкæлгæнаг худтæй. — Кæсыс амæ, бабайыл1 сахуыр ис, — загъта Марьянæ, хи иргъæвгæйæ, — мæ арт буазал, мæнæ хæйрæг! Æгъгъæд у! Æмæ сæ дыууæ дæр афтæ ныккæлкæл кодтой, æмæ сыл зæронд ус фæхъæр кодта. — Хæлæг мæм кæыыс, æвæццæгæн? — сусæгæй загъта Устенькæ. — Ныр цы гæдытæ дзурыс. Хуыссын мæ бауадз. Ныр цы ’рбацыдтæ? Фæлæ Устенькæ нæ сабыр кодта. — Цы дын зæгъинаг дæн, уый куы зонис!? Марьянæ йæ рæмбыны къæдзыл фенцой кодта æмæ йæ кæлмæрзæн йæ уæлæ æркодта. — Цæй ма, æцæг, цы зæгъинаг мын дæ? — Уæ фатеры цæрæгæй цы фехъуыстон! — Уастæн та дын цы зæгъон,—загъта йын Марьянæ. 1 Баба — афтæ хуыдтой Белецкнйы. 314
— Æмбисонд æрбауай, кæд хин æмæ кæлæпæй дзаг дæ ды, — загъта Устенькæ, худгæйæ æмæ йæ цон- гæй Марьянæйы схойгæйæ, — ницы мын радзурдзынæ уæдæ. Нæ уæм фæцæуы? — Цæуылнæ, вæййы нæм. Æмæ уæд цы?! — загъ- та Марьянæ æмæ æвиппайды фæсырх. — Мæнмæ уыцы гæды митæ нæй, æргом дзырд дæн, никæмæй йæ басусæг кæндзынæн. Стæй цæмæн æмбæхсон,—дзырдта Устенькæ æмæ йæ хъæлдзæг, сырхуадул цæсгом афæлывта, æмæ хъуыдытыл фæци. — Кæй цы хъыг дарын? Уарзын æй уæд та, æндæр ма дзы исты ис! — Бабайæ зæгъыс, мийаг? — О, уæдæ кæмæй. — Æмæ тæригъæд та? ■— ской йын кодта Ма рьянæ. — Мæнæ цытæ дзуры, мæнæ! Уæдæ ма кæд цы фендзыстæм цардæн, чызгæй куы ницы фенæм, уæд? Хъазахъаг мой куы скæнон, уæд зæнæг, мæт, тыхсг, цы нæ бавзардзыстæм фыдæбонæй. Мæнæ уал ацу моймæ Лукашкæмæ, уæд æй бамбардзынæ, зæрдæ- рухсдзинад нал фендзынæ: сывæллæттæ æмæ мæты бын фæуыдзынæ. — Нæ зонын, фæлæ моймæ ацæугæйæ дæр дзæбæх чи цæры, ахæмтæ ис. Мæнырдыгонау хъаджыдæр иæу! — зæрдæнцойæ загъта Марьянæ. — Иу хатт мын, гормон, уæддæр радзур, Лукаш- кæимæ уе ’хсæн цы уыд? — Цы хъуамæ уыдаид. Кургæ мæ кодта. Мæ фыд ын афæдз æмгъуыд скодта. Ныр бафидыдтой. Фæззæг мæ æрвитдзысты. — Лукашкæ та дын цытæ дзырдта? — Марьянæ йæ мидбылты бахудт. — Æмæ нæ зоныс, цытæ фæдзурынц. Дзырдта, уарзын, дам, дæ. Лæгъзтæ мын кодта, цæхæрадæттæм йемæ куыд ацыдаин, афтæ. — Кæс ма уыцы пиоимæ! Ды дæр кæм ацыдаис? Фæлæ цы car лæг сси! Хъæуы мидæг йæ размæ ничи æрбалæудзæн. Айфыццаг мах Киркæ ам уыд æмæ дзырдта: йæ бæх ахæм хорз бæхæй баивта æмæ!.. Уæддæр дæуыл йæ зæрдæ кæм лæудзæн. Хъыг кæн- 315
дзæн, æвæдза, æнæ дæу. Цытæ ма дын дзырдта но- джы? — афарста Марьянæйы Устенькæ. — Иууылдæр сæ куы зонис, уый дæ фæнды, — ба- худти Марьянæ. — Кæддæр æхсæвыгон æрбацыд бæ- хыл рудзынджы цурмæ, расыг уыд. Куырдта ми- дæмæ. — Æмæ йæ нæ бауагътай? — Æндæр мын цы фæуа! Зæгъыны йеттæмæ йæ ницы хъуыд. Æнæ æрбауадзгæ мын æй уыд! Æз иу- гæр дзырд куы зæгъон, уæд афтæ уыдзæн, уый зон. Ду- рæй уæлдай нæдæн, — ныфсджынæй загъта Марьянæ. — Мæнæй цы фæнды уæд, фæлæ car лæг у! Æр- мæст æй фæндгæ бакæнæд, уый йеттæмæ йыл чи нæ барвæсдзæн, ахæм чызг нæ райгуырди. — Уадз æмæ иннæтæм цæуа, — хъал зæрдæйæ загъта Марьянæ. ■— Тæригъæд ын нæ кæныс? — Тæригъæд ын кæнын, фæлæ уæддæр æдылы, чъизи митæ нæ бакæндзынæн. Уый мæм хорз нæ кæсы. Устенькæ æвиппайды йæ сæр Марьянæйы ри- уыл авæрдта, йæ дыууæ къухы йыл æрбатыгъта æмæ худæгæй акъæцæл. — Æдылы дæ, ницы æмбарыс! — сдзырдта Устень- кæ, худгæ-худын: амонд дæхицæй сурыс, — æмæ тайæ ногæй хъыдзы кæнын байдыдта. — Мæнæ ци, мæнæ, ныууадз, æгъгъæд у, — хъæр кодта Марьянæ худгæйæ, — Лузуткæйы ныцъцъист кодтай. — Кæсыс, дæлимонтæ, хъазыныл фесты, нæ- ма бафæлладысты, — фехъуысти уæрдоны фæсте зæ- ронд усы хуыссæгхъæлдзæг хъæлæс. — Амонд дæхицæй сурыс, — йæ хъусы та йын су- сæгæй бадзырдта Устенькæ, уæлæмæ стгæйæ. — Тынг амондджын дæ, æвæдза, æцæгæй зæгъын, мæ ный- йарæджыстæн. Бирæ дæуарзынц. Цаснæ дæ,уый бæрц дæ уарзынц. Æз дæ бынаты куы фæцаин уæ фа- теры цæрæгæн! Мæхицæн дзы хъазæн хъул, хъæлæкк, окодтаин; йæ сæр ын сдзæгъæл кодтаин, бæргæ. Ай фыццаг махмæ куы уыдыстут, уæд æй æз куыдæй фед- тон, афтæмæй дæ йæ цæстытæй ахæрынмæ хъавыд. Мæ баба мын цы нæ æмæ цы нæ фæлæвæрдта! Сыма- 316
хæн та, куыд дзурынц, афтæмæй, уырысæн сæ тæккæ хъæздыджытæй у. Йæ салдат афтæ дзырдта, цыма йын кусджытæ дæр ис. Марьянæ сыстад æмæ, йæ хуылфмæ кæсгæйæ, ба- лудти йæ мидбылты. ^— Уæд мын нæ фатеры цæрæг иухатт цы дзырдта, уый худæг уыд, — загъта Марьянæ, кæрдæджы тиха- лæг йæ дæндæгтæй лыг кæнгæйæ.—Хъазахъаг Лу- кашкæ кæнæ де ’фсымæр Лазуткæ куы фестин, уый, дам, мæ фæнды. Цæмæн афтæ загъта, уый та’ды бамбар. — Афтæ гæды ныхæстæ кодта, уæдæ йын цы ’нхъæл дæ, йæ зæрдыл цы ’рбалæууыд, уый срæцыгъ- та, — дзуапп ын радта Устенькæ. Мæнонмæ куы байхъусис, йæ дзыхæй цы нæ схаудзæн, ахæм ып нæй! Цыма хæлд адæймаг у, уыйау! Марьянæ йæ сæр нывæрзæны тымбыл тыхт куырæ- тыл æрæппæрста, йæ къух Устенькæйы уæхскыл æрæ- вæрдта æмæ цæстытæ бацъынд кодта. — Абон ардæм, цæхæрадонмæ, æрбацæуинаг уыд; мæ фыд æй хуыдта, — сдзырдта Марьяпæ, исдуг фæ- хъус æмæ бафынæй. XXXI Уæрдонмæ аууон цы кæрдойы бæлас дардта, уый сæрты хур æрбазылд æмæ Устенькæйы сагъд къалиу- ты æхсæнты йæ тæссармæ арæзт тынтæи уæрдоны бын чызджыты цæсгæмттæ сыгъта. Марьяпæ сыхъал æмæ йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом сæрфта. Алырдæм йæ цæст ахаста æмæ кæрдо бæласы фæстæ сæ фатеры цæрæг Оленины ауыдта. Оленин, топп йе ’фцæджы, афтæмæй, чызджы фыдимæ ныхас кодта. Марьянæ йе ’мбал Устенькæйы басхуыста æмæ, æнæ исты дзур- гæйæ, бахудт, Оленины ’рдæм амонгæйæ. — Знон фæхаттæн æмæ никуы ’мæ ницы, мæ цæст ницæуыл æрхæцыд,—дзырдта Оленин. Марьянæйы къалиуты аууонæй нæ уыдта æмæ зæрдæ ’хсайгæ кæ- стытæ кодта йæ алфæмблай. — Ды баздæх æмæ уартæ уыцырдæм æмраст ацу; 317
уым, дзæгъæл цæхæрадон æй хонæм, кæддæриддæр тæрхъустæ вæййы, загъта хæрунжий, йе ’взаджы хатг ивгæйæ, уæздандæры тыххæй. — Æнцон нæу, æвæдза, куыст афон ацы æнтæфы тæрхъусдзуаи кæнын! Фæлтау-иу махмæ æрбацу æмæ- иу нæм фæкæс. Чызджытимæ акуыстаис, — хъæлдзæ- гæй сдзырдта зæронд ус. — Цæй, чызджытæ, афон у, уæлæмæ сыстут! — фæхъæр кодта зæронд ус. Марьянæ ’мæ Устенькæ сусæгæй сусу-бусу ныхæ- стæ кодтой æмæ худæгæй тыппыры хæлдтæ кодтой. Оленин Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх цы бон балæвар кодта, уæдæй фæстæмæ хæдзары хицæут- тæ Оленинмæ лæгъз дзыхы уаг æруагътой, уæлдайдæр хæрунжий: Оленин йæ чызджимæ лымæн кæй кодта, уый йын иттæг æхсызгон уыд. — Æз куыстыл ахуыр нæ дæн, — загъта Оленин. Уый агъоммæ уæрдоны бын цъæх-цъæхид къалиуты æхсæнты Марьянæйы æрвхуыз хæдон æмæ сырх кæл- мæрзæн ауыдта, фæлæ барæй, цыма уыцырдæм йæ зæрдæ не ’хсайы, уыйау йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта. — Æрцу-иу нæм æз дын дзæнгæда цæгъдджыты раттдзынæн, — загъта зæронд ус. — Хъазахъы æгъдаумæ гæсгæ, уый йеттæмæ зæ- ронд усы ныхæстæ, — загъта хæрунжий йæ уæздан æвзаджы хаттæй, цыма зæронд усы рæдыд æмбарын æмæ раст кодта, уыцы æгъдауæй. — Уæрæсейæ, æвæц- цæгæн, алы адджинаг фæхордтаис дæ зæрдæйы дзæ- бæхæн. — Уыцы дзæгъæл цæхæрадоны ис, загътай? — афарста Оленин. — Абæрæг æй кæнон уæдæ, — æмæ уыцы иу каст фæкодта цъæх къалиуты æхсæнты, йæ худ чысыл уæлдæр акодта æмæ æмхуызон, æмраст рæнхъытæ-рæыхъытæ сагъд сæнæфсиры бæлæсты æх- сæнты афардæг. Хур цæхæрадæтты быруйы аууон, фæци, афтæ Оле- нин дæр фæстæмæ æрбаздæхт цæхæрадонмæ йæфате- ры хицæуттæм. Дымгæ сабырæй-сабырдæр кодта æмæ изæры уазалы тæфаг хæццæ кæнын байдыдта сæнæф- сирдæттæм. Дардæй Оленин сæнæфсиры цупæлтты рæнхъыты æхсæн куыддæр æгъдауæй базыдта Марья- 318
нæйы^цъæх хæдон æмæ йæм, сæнæфсиры нæмгуытæ тонгæйæ, хæстæг бацыд. Куыдз æнтæфы мидæг сдойны æмæ-иу хаттæй-хатт йæ сæтæйдзаг дзыхæй зæхмæ æв- вахс сæнæфсиры цупæлттæм фæлæбурдта. Марьянæ сырх-сырхид цæсгомимæ, йæ дыстæ цæнгтыл фæстæмæ фæлдæхт, кæлмæрзæн дæлæмæ роцъойы бынмæ уагъд, афтæмæй тагъд-тагъд сæнæфсйры цупæлттæ лыгтæ кодта æмæ сæ тæсчъы мидæг æвæрдта. Сæнæфсиры къалиуыл хæцгæйæ, йæ куыст фæуагъта, рæвдауæн мидбылты худтæй бахудти æмæ та фæстæмæйæ куыст- мæ бавнæлдта. Оленин æм хæстæгдæр бацыд æмæ, мæ къухтæ равдæлой, зæгъгæ, йæ топп йе ’фцæджы бап- пæрста. «Уæ адæм кæм сты? Куыд иунæг дæ?» — зæгъгæ, йæ афæрсынмæ хъавыд, фæлæ йæ дзыхы дзырд нал бафтыд, æрмæст ма йæ худ уæлдæр акод- та. Марьянæимæ сæ дыууæ иунæгæй кæй уыдысты, уымæй æфсæрмы кодта, фæлæ уæддæр цыма фыддæ- радæн йæхицæн барæй зын кодта, уыцы æгъдауыл æм хæстæгдæр бацыд. — Афтæмæй устыты куы фæцæгъддзынæ, — загъта Марьянæ. — Нæ, уымæй мын ма тæрс, æхсгæ нæ кæнын. Сæ дыууæ дæр исдуг фæхъус сты. — Куы мæм фæкастаис, уæд хуыздæр уыдаид, дзæгъæл лæуды бæсты. Оленин хæрынкъа систа æмæ, æнæ дзургæйæ, лыг кæнын байдыдта. Бынæй сыфтæрты аууонæй иу уæз- зау æмхæст, æртæ джиранкамæ ’ввахс сæнæфсиры цу- пал сласта, йæ нæмгуытæ кæмæн нычъчъиритæ сты юæрæдзийыл, ахæм, æмæ йæ Марьянæмæ равдыста. — Сеппæт дæр лыг кæнын хъæуы? Мæнæ уый цъæх нæ уыдзæн? — Æри йæ ардæм. Сæ къухтæ кæрæдзийыл андзæвыдысты. Оленин ын йæ къух райста. Чызг æм йæ мидбылты худгæйæ бакаст. — Чындзы рæхджы цæудзынæ? — афарста Оле- нин. Чызг ын ницы дзуапп радта, йæхи фæтигъ кодта æмæ йыл карз цæстæнгасæй йæ цæстытæ рахаста. — Раст ма зæгъ, Лукашкæйы уарзыс? — Æмæ дæу та цы кæсы? 319
— Хæлæг æм кæнын. — Цытæ мын дзуры! — Æцæг зæгъын, хъазын æнхъæл мын ма у, æгæр рæсугъд дæ! Æмæ æвиппайды йæ ныхæстæй æфсæрмы кæнын байдыдта, æмæ йæ цæсгом ссыгъд; афтæ æнаккаг æм фæзындысты йæ ныхæстæ. Оленин æваст рамæсты, куыддæр адзæгъæл æмæ чызджы дыууæ къухыл фæ- хæцыд. — Цыдæриддæр дæн, дæуæн пайда нæ дæн! Худын хорз нæу! — дзуапп ын радта Марьянæ, фæлæ йæ цæ- стæнгасæй бæрæг уыд, Оленины хъуыддаг тынг хорз кæй æмбæрста: худгæ нæ, фæлæ зæрдиагæй кæй дзырдта, уый. — Худын та цы хоныс? Куы зонис, æз дæм цы зæрдæ... Йæ ныхæстæ ноджыдæр æнаккагдæр, ноджыдæр æвидауцдæр уыдысты, мидæгæй йæ зæрдæйы цы уыд, уымæй, фæлæ уæддæр дарддæр ныхас кодта. — Нæ зонын, фæлæ дæу тыххæй мæхи цыма до- иы дæр баппарин... — Дæхи айс, пиои! Фæлæ чызгæн йæ цæсгом, йæ цæхæрцæст цæстытæ, йæ бæрзонд риу, йæ хæрзконд къæхтæ æндæр цыдæр дзырдтой. Оленин афтæ æнхъæл уыд, цы ныхæстæ кодта, уыдон куыд æдзæсгом, куыд æнæгъдау уыды- сты, уый чызг дзæбæх æмбæрста, фæлæ сæ йæ зазрдæ- мæ хæстæг нæ иста, йæ сæрмæ нæ хаста ахæм хъуы- дытæ. Афтæ æнхъæл дæр ма уыд, æмæ чызг рагæй æмбæрста, цы зæгъын йæ зæрды уыд æмæ зæгъын кæй нæ фæрæзта, уыдæттæ, фæлæ йæ фæндыд базо- нын, цы дзыхы уагæй, куыд æгъдауæй сæ зæгъдзæн, уый. Стæй сæ æнæ зонгæ дæр куыд уыдаид, хъуыды кодта хи нымæры Оленин, уымæн чызг йæхæдæг цы нæ уыд, ахæмæй йын ыицы зæгъинаг уыд. Фæлæ чызг барæй йæхи нæзонæг скодта, цыма не ’мбæрста, уый- ау, æмæ йæ нæ фæндыд, уымæ гæсгæ дзуапп дæттын. Афтæ хъуыды кодта хи нымæры Оленин. — Гъей! — æвиппайды фехъуыст хæстæгæй, сæ- нæфоирдоны фæсте Устенькæйы фæлмæн хъæлæс æмæ уæздап лыстæг худт. — Ацырдæм рацу, Митрий Анд- 320
реич, мæнæн феххуыс кæ. Æз иунæг дæн, — æрба- дзырдта^ Оленинмæ Устенькæ, сæнæфсирты сыфтæрты сæрты йæ гыццыл тымбыл, æвзонг, æнæхин цæсгом даргæйæ. Оленин ницы сдзырдта, йæ бынатæй дæр нæ фез- мæлыд. Марьянæ йæ куысты кой кодта, æдзух сæ фатеры цæрæгмæ фæкæс-фæкæс гæнгæйæ. Оленин ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, йæ уæхс- чытæ батылдта, йæ топп уæлдæр фесхуыста æмæ, тагъд санчъехтæ гæнгæйæ, цæхæрадонæй рацыд. XXXII Цæугæ-цæуын Оленин иу-дыууæ хатты фæлæууы- ди, Марьянæ æмæ Устенькæмæ байхъусыны тыххæй, фæсте цыдæр хъæр кодтой. Æнæхъæн изæр Оленин цуаны фæхатт хъæды мидæг. Дыууæ изæр астæу фæ- стæмæ æрбаздæхт афтидæй. Кæртмæ куы бацыд, уæд ауыдта йæ фатеры хицауы уаты гом дуар æмæ уаты мидæг Марьянæйы цъæх хæдон. Me ’рбацыды хабар базонын кæнон, зæгъгæ, хъæрæй Ванюшæмæбадзырд- та æмæ асины сæрыл йæ ахуыр бынаты æрбадт. Хæ- дзары хицæуттæ уый агъоммæ цæхæрадонæй æрбацы- дысты. Хæдзарæй уатмæ бацыдысты æмæ Оле- нинæн, мидæмæ рацу, зæгъгæ, нæ загътой. Марьянæ дыууæ хатты æттæмæ уынгмæ рацыд. Оленинмæ арвы рухсмæ афтæ фæзынд, цыма йæм фæстæмæ иу каст дæр фæкодта, уыйау. Афтæ йæ цыма ахæрынмæ хъа- выд, уый каст кодта чызгæн йæ алы змæлдмæ, йæ алы къахдзæфмæ, фæлæ йæм хæстæг бацæуын йæ ныфс нæ бахаста. Чызг мвдæмæ хæдзармæ куы бацыд, уæд Оленин асины сæрæй рахызт æмæ кæрты дуæртты ра- цу-бацу кæнын систа. Фæлæ Марьянæ хæдзарæй æт- тæмæ нал рацыд. Æнæхъæн æхсæв бонмæ Оленин æнæ хуыссæгæй кæрты йе ’хсæв арвыста æмæ æнувы- дæй хъуыста хæдзары хицауы уатмæ алы уынæрмæ. Оленин фехъуыста, изæры куыд ныхас кодтой, æхсæ- вæр куыд хордтой, бумбули гобæттæ куыд хастой æмæ куыд схуыссыдысты: фехъуыста, куыд бахудт цæуыл- дæр; бамбæрста, æрæджиау куыд æрсабыр сты. Хъуы- 21 Л. Н. Толстой. 321
ста, хæрунжий зæронд усимæ сусæгæй куыд ныхæстæ кодта æмæ чидæр куыд улæфыд. Оленин йæ уатмæ ба- цыд. Ванюшæ æд дзауматæ хуыссыд. Оленин æм ба- хæлæг кодта æмæ та дзыхъынногæй кæрты рацу-ба- цу кæнын байдыдта, цæмæдæр æнхъæлмæ гæсгæйæ. Фæлæ ничи рацыд, ничи змæльгд. Æрмæст хъуыстис æртæ адæймаджы æмхуызон улæфт. Уый зыдта Марьянæйы улæфт æмæ йæм хъуыста; хъуыста йæхи зæрдæйы гуыпп-гуыппмæ дæр. Хъæуы мидæг алцы дæр æрсабыр, хъыпп-сыпп никæцæй уал хъуыст. Мæй æрæджиау скаст æмæ кæртытæй хъомвос зынын бай- дыдтой: зынд, куыд-иу æрхуыссыдысты нæтгæйæ æмæ-иу фæстæмæ куыд стадысты. Оленин, йæхимæ мæсты гæнгæйæ, йæхицæн дзырдта: «ыыр мæ цы хъæуы цьшæ?» Æвиппайды хæдзары* хицауы уатæй дзæбæх фехъуыст къæхты хъæр æмæ пъолы фæйпæ- джыты хъинц. Оленин дуары цурмæ цырд бауад, æмæ никуы ’мæ ницы, æрмæст ма хъуыстис æмхуызон, уы- цы иуæгъдауыл, улæфт æмæ кæрты мидæг къамбецы нæтын. Къамбец-иу рахъил кодта æмæ фыццаг йæ зонгуытыл, стæй йæ цыппар къахыл слæууыд, йæ ды- мæгæй цъыллинджытæ æмæ цъæппытæ гæнгæйæ, хус æлыгцъар кæрты мæйдары мидæг. Оленин та йæхи афарста: «цы бакæнон ныр?» æмæ цæхкæр ууыл ныл- лæууыд, хуыссынмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ та- иу ног уынæр фехъуыст æмæ та-иу йæ цæстытыл Марьянæйы сурæт ахъазыд мæйрухс мигъ æхоæв æт- тæмæ рацæйцæугæйæ, ног та-иу рудзынджы цурмæ базгъордта æмæ та-иу къахдзæфты хъæр фехъуыста. Бон æмæ ’хсæв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, афтæ рудзынгмæ бацыд, батъæпп æй ласта, йæхæдæг дуа- ры цурмæ балььгъд, æмæ ацы хатт æцæг фехъуыст Марьяиæйы тых улæфт æмæ къæхты хъæр. Оленин дуары рицъимæ бавнæлдта æмæ дуар бахоста. Бæ- гъæввад къæхтæй хъуызгæ цыд, зына-нæзыиа зæххы фæйнæджытæ хъинц гæнгæйæ, хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой дуармæ. Мидæгæй дуар æхкæнæн фезмæлыд, дуары хъинц фæцыд, нас æмæ цавæрдæр кæрдæджы смаг йæ фындзыл сæмбæлд æмæ къæсæрыл, цы уыд^ уымæй. Марьянæйы сурæт фæзынд. Оленины цæст æй чысыл ацахста мæйрухсмæ. Марьянæ æваст дуар ах- 322
кæдта, йæхи нымæры цыдæртæ сдзырдта æмæ фæстæ- мæ лидзынмæ фæци, фæлмæн къахдзæфтæ гæнгæ, йæ къахы æлгътыл. Оленин дуар сабыргай хойын байдыд- та, фæлæ фæстæмæ дзурæг нæ уыд. Уæд рудзынджы цурмæ базгъордта æм.æ уырдыгæй хъусын байдыдта. Æвиппайды лæджы цъæхснаг хъæлæс фехъуыст æмæ йын йæ уд ауайын кодта. — Хорз хъуыддагыл фæхæст дæ, мæ лымæн! — загъта, Оленинмæ кæртырдыгæй хæстæгдæр цæугæйæ, ныллæггомау хъазахъаг, урс худы мидæг,— Федтон дæ, хорз, мæ лымæн, хорз! Оленин Назаркæйы базыдта æмæ цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта, хъыпп-сыпп нал скодта, дзырд йæ дзыхы нал бафтыд. — Хорз, хорз! Мæнæ хъæуы хицаумæ цæуын, ком- дзог дыл рацæудзынæн, фыдæн дæр зæгъдзынæн. Кæ- сыс хæрунжийы чызгмæ! Иу ын æгъгъæд нæу! — Цы мæ домыс, мæ хур, «цы дæ хъæуы? — загъта. Оленин. — Куы ницы, æз æрмæст кæм æмбæлы, уым базо- нын кæндзынæн. Назаркæ барæй хъæрæй дзырдта. — Кæсыс нæ юнкермæ! Хуымæтæг у! Сабыр малы хæйрæджытæ бады. Оленинæн адæргæй йæ зырзыр цыд. — Ардæм-ма рацу, ардæм! Оленин Назаркæйы къухыл ныххæцыд æмæ йæ ми- дæмæ йæ уатмæ бахуыдта. — Ныр не ’хсæн куы ницы æрцыд, йæхимæ мæ нæ бауагъта, мæ къухы ницы... Чызгмæ аххосагæй ницы ис, æнаипп у, ницы дзы ис зæгъæн, авджы хуызæн сыгъдæг у. — Уым сæ равзардзысты, кæуыл цы ауайа, уый ауайæд, — загъта Назаркæ. — Æз дын æнæуый дæр раттдзын-æн. Фæлæу иу чысыл, тæвд ма кæ, дæ хорзæхæй! Назаркæ ныхъус и. Олении йæ уатмæ базгъордта æмæ хъазахъагæн иу туман радавта. — Куы ницы æрцыд не ’хсæн. Фæлæ уæддæр ах- хосджын æз дæн, мæнæ уал уыдон дæ дзыппы цæвæр! Æрмæст дæ уыцы хатыр курын, æмæ нæ дыууæйæ 323
дарддæр куыд нæ айхъуыса, афтæ. He ’хсæн дæр ницы æрцыд. — Де ’хсæв дæки фæндиаг, — мидбылты худгæйæ, загъта Назаркæ æмæ рафардæг. Уыцы æхсæв Назаркæ хъæумæ æрбацыд, Лукаш- кæйы фæдзæхстмæ гæсгæ, хуыснæггаг бæхæн бынат сбæлвырд кæныны тыххæй, æмæ уынджы сæхимæ куы фæцæйцыд, уæд къахдзæфты хъæр йæ хъусыл æрцыд. Дыккаг бон фæстæмæ хъазахъмæ аздæхт æмæ, æппæ- лæгау, йе ’мбæлттæн радзырдта, зноны бонтуман куыд æвæлмонæй бакуыста, уый. Райсомæй Оленин хæдза- ры хицæуттимæ сæмбæлд æмæ цыма ницы бамбæр- стой, афтæ йæм фæзынд. Марьянæ йемæ ныхас никуы акодта сæмбæлгæйæ, фæлæ-иу æм худгæйæ бакаст. Дыккаг бон дæр та фыдæхсæв фæци: æхсæв-бонмæ та дзæгъæлы фæралли-балли кодта кæрты æнæ хуьгсгæйæ, æнæхъолайæ. Боны барæй цуаны ацыд; изæрæй куьт æрбаздæхт, уæд, æфсæрмы куыд кодта, уымæ гæсгæ, Белецкиймæ йæхи айста. йæ цæсгом нал хъæцыдæмæ йæхицæн дзьфд радта, хæдзары хицæуттæм мæ къах дæр нал бавæрдзынæн, зæгъгæ. Уый фæстæ æхсæв æй фельдфебель сыхъал кодта. Ротæ уыцы сахат раст кодта стæры. Оленинæн æхсызгон уыд уыцы хъуыддаг æмæ йæхи нымæры загъта, фæстæмæ мын ацы хъæу- мæ æрбаздæхæны мыккаг нал ис, зæгъгæ. Стæры фесты цыппар боны. Æфсæдты хицауы ба- фæндыд Оленины фенын, хæстæг ын æййæфта æмæ йын йæхи раз штабы бынат лæвæрдта. Оленин нæ бакуымд- та. Цы хъæуы сахуыр, æнæ уыцы хъæу фæцæринаг никуы уыд æмæ дзы куырдта, фæстæмæ сæхимæ ацæ- уыны бар ын куыд раттаид, афтæ. Стæры ацыды тых- хæй, рагæй-æрæгмæ кæмæ бæллыд, уыцы салдаты крест ын радтой. Ныр уыцы крест йæ цæсты кадджын нал уыд, æрдумæ дæр æй нал дардта, нал уыд кад- джын йæ цæсты афицеры цин дæр, кæмæ йæ бавды- стой æмæ райсын æнхъæлмæ кæмæ каст, уый. Æвы- дæй, æнæ фыдбылызæй Ванюшæимæ æфсæдты бадæн- тыл ацыд æмæ иукъорд сахаты ротæйæ фæраздæр. Оленин æнæхъæн изæр тсъæсæры цур асины сæрыл фæ- бадт, Марьянæмæ кæсгæйæ. Æхсæв-бонмæ та æнæ исты æфсонæй, æнæхъола рацу-бацу фæкодта. 324
XXXIII Уымæн йæ дыккаг райсом Оленин райхъалис æрæгмæ. Хæдзары хицæуттæ бынаты нал уыдысты. Уыцы бон цуаны нал ацыд æмæ-иу куы чиныг райста, куы-иу авттаамæ аоины сæрмæ рацыд, стæй-иу фæстæ- мæ баздагхт æмæ-иу хуыссæны йæхи æруагъта. Ваню- шæ йын рынчып æнхъæл уыд йе ’ууæлтæм гæсгæ. Изæрырдæм æввахс Оленин йæ хуыссæнæй ныфсджы- нæй сыстад, фыссыныл сбадт æмæ фæфыста æмбис- æхсæвы онг. Писмо ныффыста, фæлæ йæ æрвитгæ ни- кæ1мæ акодта, уымæн æмæ уæддæр ничи бамбæрстаид, цы фыста, цы зæгъынмæ хъавыд, уый; стæй йæ бамба- рын дæр Оленинæн æрмæст йæхи уды йеттæмæ никæй ницæмæн хъуыд, чи фæнды фæуæд, хъаджыдæр нæу. Уый фыста афтæ: «Мæн/мæ Уæрæсейæ фыссынц, цыма мын сæхи тæ- ригъæдгæпæг окодтой, цыма мæ мæты бацыдысты, уыйау. Тæрсынц мын, уыцы фæсфæд ран, талынг адæ- мы ’хсæн сæфтмæ куы ’рцæуон, уымæй. Афтæ мæдзу- рынц, уы.м æнæгъдау, æнæконд суыдзæн, адæмы хъæр нал бамбардзæн, адæмы нал баййафдзæн, нозтыл фæ- уыдзæн, чи зоны æмæ ма йæм ахæм зонд дæр æрцæу- дзæн, æмæ хъазахъаг сылгоймаджы ракурдзæн. Дзæ- гъæлы-иу нæ дзырдта Ермолов, Кавказы, дам, дæс азы чи фæуа, уый кæнæ бынтон расыггæнаг суыдзæн, кæнæ та æнаккаг, хæтаг сылгоймаджы ракурдзæн, зæгъгæ. Ай хорз хабар нæу. Афтæмæйты-афтæмæйты мæхи куы нæбайсафин! Амалтæ ’мæфадæттæ та мын хорз куы уыд. Æндæр ницы, фæлæ мæм уыцы амонд уæддæр нæ каст, æмæ графиня Б***-йы мæхицæн усæп æрхæссын, кæнæ паддзахы раз камергер, кæнæ уæздан адæмæн сæрдар уæддæр суыдаин. Куыд цъа-ммар, куыд ницæййаг æмæ тæригъæддаг стут мæ цæсты! Сы- мах не ’мбарут, амоыд циу æмæ цард циу, уый. Иу хатт бавзарын хъæуы царды рæсугъддзинад æнæ уæлдай гæды митæй, хуыцау æй куыд радта, уыцы æгъдау, уыцы хуызы мидæг. Фенын æмæ бамбарын хъæуы, æз алы бон мæ дыууæ цæстæй кæй уынын, уый: хæхты æнусон миты хъæпæнтæ, бацæуæн кæдæм нæй, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, æмæ 325
беречет, гуырвидауц сылгоймаг, не скаанæг незаманы раздæр-раздæр сылгоймаджы цы рæсугъддзинады ми- дæг равдыста, ахæм хуызы, ахæм æгъдауы мидæг, æрмæст уæд раргом уыдзæн, ч« сафы йæхи, чи нæ цæры рæстдзиыады кæнæ гæдыдзинады мидæг — сы- мах æви æз. Тæхуды æмæ куы зониккат, куыд æнад, куыд цъаммар æмæ куыд ницы стут мæ цæсты, уæхи кæй сайут æмæ, ницы уæвгæйæ, уæхицæй цыдæр кæй кæнут, уый тыххæй. Цы уаты цæрын, цы хъæды хæ- тын, цы уарзондзинад рæвдауын мæ хуылфы, уыдон бæсты мæ цæстытыл куы ахъазынц уыцы уазæгдæттæ, уыцы сылтæ, кæйдæр дадалитимæ æмæ ахуырст сæры хъуынтимæ, уыцы æнæбары былты змæлд, уыцы æм- бæхст лæмæгъ, хæлд уæнгтæ, уыцы æгъдаумæ гæсгæ, сусæгæй ныхæстæ уазæгдæтты, уыцы дæлæ-уæлæ ми- тæ, кæмæн дзырды бар, кæмæн нæ, — уæд мидæгæй мæ зæрдæ риссын байдайы. Мæ цæстытыл хъазынц уыцы къуьшых, æдылы цæсгæмттæ, уыцы хъæздыг чындздзон чызджытæ, сæ цæсгæмттыл фыст кæмæн ис: «ницы кæны, бар уæ ис, хæстæгдæр æрбацæут, кæд хъæздыг дæн, уæддæр»; уыцы ракæ-бакæ митæ, ба- дын кæнгæйæ: уыцы æдзæсгом лымæн кæнын кæрæ- дзиимæ, бахæзгул кæныны тыххæй; уыцы æнусмæ су- су-бусу ныхæстæ, хахуырдзинад, кæрæдзийыл истытæ мысын æмæ дæхицæй цы нæ дæ, уый кæнын: уыцы æгъдæуттæ, — кæмæ къух раттын, кæмæн та сæрæй акувын, кæимæ ныхас акæнын, æмæ уыцы æнæкæрон æнкъарддзинад, туджы мидæг чи ис æмæ фыдæй- фыртмæ чи хизы незамайæй нырмæ. Уыдæттæ-йеттæ иууылдæр кæнынц хъуыдыгæнгæйæ, зонтæйæ, æмбар- гæйæ, цыма тынг æхсызгоы хъæуынц æмæ æнæ уыдон цард нæ фидауы, уыйау. Бамбарут кæнæ баууæндут иу хъуыддагыл. Фенын æмæ бамбарын хъæуы, рæст- дзинад æмæ рæсугъддэинад цы сты, уый, æмæ уæд цы дзурут, цы хъуыды кæнут, цы амондмæ бæллут уæхи- цæн дæр æмæ мæнæн дæр, уыдон иууылдæр рыг фест- дзысты, сæ кой, сæ хъæр дæр нал уыдзæн. Амонд у æрдзимæ цæрын, æрдз уынын, йемæ дзурын, «ноджы ма, хуыцау бахизæд, фæлæ иу хуымæтæджы хъаза- хъаг ус куы ’рхæсса, уæд бынтондæр фесæфт, ахицæн махæй, бæрзонд адæмæй». Æз та æрмæст иу хъуыд- 326
дагмæ бæллын: сымах мын цæмæй тæрсут, уый мыл куы ’рцæуид; фæнды мæ хуьшæтæджы хъазахъаг чызг ракурын, фæлæ мæм ныфс нæй уыцы хъуыддаг бакæ- нын, уьимæн æмæ уый аккаг нæ дæн, уыцы амонд мæ- нæн цы хуыцау дæтты. Фыццаг хатт хъазахъаг чызг Марьянæйы куы фед- тон,^ уæдæй ардæм æртæ мæйы рацыд. Цы адæм æмæ цы ’гъдæутты мидæг схъомыл дæн, уыдонæй ныр дæр ма уæгъд нæ дæн. Нæ мæ уырныдта уæд, ацы сылгон- ^маджы бауарздзынæн, уый. Мæ зæрдæ дзьь рухс код- та, хаахтæ æмæ арвы рæсугъддзинадæй куыд рухс код- та, афтæ, æмæ йын æнæ афтæ уарзæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ уый дæр, уыдон хуызæн, æнæкæрон рæ- сугъд уыд. Уый фæстæ мæ зæрдæ банкъардта, уыцы (Ьæеугъддзинад куы нæ уынон, уæд мæ мæ цард нал бандавдзæн, æмæ уымæ гæсгæ мæхæдæг мæхи фæрсын байдыдтон: <кæд æй уарзгæ мийаг кæнын? Фæлæ уар- зондзинадмæ цы цæстæй кастæн æмæйæмæ зонд куыд ахста ныронг, ахæм æгъдауæй мæ зæрдæйы хуылфы ницы осардтон. Уæдæ мæнæ адæймаг, хибарæй, иунæ- гæй цæргæйæ, куыд стыхсы, кæнæ йæ ус курын куыд æрфæнды æмæ йæм уæд цы зæрдæ æрцæуы, ахæмæй дæр мæм ницы уыд. Уæдæ сылгоймагмæ куыд бахæ- лæг чындæуы æмæ йæм зæрдæ куыд бахъазы, кæ-нæ йæ зæрдæйæ куыд бауарзтæуы, ахæмæй дæр ницы. Мæн хъуыди уымæ кæсын, уымæ хъусын, мæ цуры хæстæг кæй ис, уый зонын, æмæуæд амондджын уыд- тæн, зæгъгæ, нæ зæгъдзынæн, фæлæ мæ зæрдæ æнцад уыд. Иумæ цы хъазт-изæры уыдыстæм, мæ буар æм куы баныдзæвд, уæдæй ардæм æз банкъардтон, уыцы сылгоймагимæ баст кæй стæм æнæаскъуыйгæ бæттæ- нæй, æргом чи нæма у, фæлæ йемæ быцæу кæнæн кæ- мæн нæй ницьт амалæй. Фæлæ ма æз уæддæр быцæу кодтон; æз мæхицæн дзырдтон: цымæ бауарзæн ис ахæм сьглгоймагæн, мæ зæрдæйы быны фæндонтæ, мæ царды æхсызгон хъуыддæгтæ мын чи никуы бамбар- дзæн? Цымæ бауарзæн ис сылгоймаджы æрмæст йæ ныв, йæ сурæты тыххæй? фарстон æз мæхи, афтæмæй та йæ уарзгæ кæй кодтон, уый æцæгдзинад æнæгуы- рысхойаг уыд, кæд мæ нæма уырныдта, уæддæр. Фыццаг мæ цæсты æцæгæлон æмæ бакастджын 327
сурæт уыд, рæсугъд дзаумайы хуызæн; хъазт-изæрæй фæстæмæ та мын адæймаг сси. Æз ыл æмбæлын бай- дыдтон, йе-мæ ныхас кодтон, хаттæй-хатт-иу йæ фыди- мæ кусынмæ цыдтæн æмæ-иу оæм изæрæй æнафонмæ арæх бадтæн. Уыцы хæстæг, хицон æгъдæутты мидæг мæ цæсты фыццаджы хуызæн, сыгъдæг æнаипп, хи- уыл хæцгæ æмæ, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæймагæй баззад. Кæддæриддæр алкæмæн дæр дзуапп лæвæрдта уыцы иу æгъдауæй — сабырæй, сæ- рыстырæй, хъæлдзæгæй, æнæдисгæнгæйæ. Хаттæй-хатт- иулæгъз дзыхы уагæй дзырдта, фæлæ фылдæр хæтты- ты йæ цæстæнгас, йæ ныхас, йæ алы уæнджы змæлд æвдыстой, цымыдис адæймаг кæй нæ уыд, стæй ныфс^- джын, барджын æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй уыд, уый. Æрвылбон гæды худтытæ гæнгæйæ, мæ уд хъардтоь!, хæстæгдæр æм бацæуон, зæгъгæ, æмæ, йын исты зæрдæ- лхæнæн митæ акæнон. Мæ зæрдæ-иу æм хъазыд, ту- хитæ æмæ зындзинæдтæ æвзаргæйæ æмæ дзы-иу афтæ- мæй ныхæстæ къахтон, хъазгæ ’мхасæн. Чызг зыдта, мæхи-иу барæй кæй ауагътон æмæ зæрдæйæ кæй нæ дзырдтон, уый, фæлæ мæм-иу уæддæр комкоммæ, хъæлдзæгæй хицон каст кодта. Мæнæн иттæг зын уыд уыцы æгъдауы мидæг. Мæн æрфæндыд, гæды ныхæ- стæй ницы уал, фæлæ цыдæриддæр мæ хъуыдыйы уыд, цыдæриддæр мæ зæрдæйы æмбæхстæй дардтон, уыдон иууылдæр радзурын, раргом кæнын. Æз мæхи дæр не ’мбæрстон, афтæ мæсты уыдтæн. Хъуыддаг æр- цыд цæхæрадæтты. Æз ын дзурын байдыдтон мæ уар- зондзинады тыххæй. Мæ ныхæстæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууынц, уæд фыр æфсæрмæй мæцæсгом ссудзы. Æфсæрмы та уымæн кодтон, æмæ уыдæттæ дзурын ын æз хъуамæ ма бауæндыдаин, уымæн æмæ уыцы ныхæ- стæ кæмæн кодтон, ахæм чызг нæ уыд, уыдонæй хуыз- дæр æмæ бæрзонддæр уыд; хуыздæр аккаг уыд, æз æм цы зæрдæ дардтон æмæ йын рарго-м кæнынмæ кæй хъавыдтæн, уымæй дæр. Æз нал дзырдтон æмæ уыцы бонæй фæстæмæ цы ’гъдауы мидæг уыдтæн, уый мын зын сси. Ныронджы хуызæи хъазæп, хынджылæггаг митæ кæнын мæ сæрмæ нал хастон, фæлæ мыи зын уыд, не ’хсæн æргом, æнæ гæдыдзинæдтæ, раст, хицоп æгъдæуттæ сæвæрын кæй нæ фæрæзтон, уый. Цы ра- 328
кодтаин, уымæн ыицы уал зыдтон,, стыр зыиы мидæг уыдтæн æмæ мæхи фарстон: цæй ныр цы бакæнон уæ- дæ? Me ’дылы хъуыдыты мидæг-иу æй мæхицæнхæз- гул акодтон, кæнæ-иу æй усæн æрхастон æмæ та-иу дыууæ хъуыдыйы дæр мæ зæрдæйæ сырдтон, былыс- чъилтæ гæнгæ, куыд æлгъаг, афтæ. Дæхицæн дзы но- мылус скæ, уый æнаккаг, сæр алыг кæныны хуызæн хъуыддаг уыдаид. Уæдæ йæ усæн æрхæсс Дмитрий Лндреичы номыл æмæ дзы æхсин скæ, иу афицер куыд бакодта, афтæ, уый та ноджыдæр фыддæр. Фæлæ мæ- нæ Лукашкæйьг хуызæн куы суаин: бæх рæгъæуттæ дав, сæнæй фыд расыг кæ, зарджытæ кæ, лæгтæ мар, расыгæй йæм æхсæвыгон рудзынгæй балæс, афтæмæи дæ зæрдæмæ мацы хæсс, цы дæн æмæ цæмæн дæп, уæд уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хицæн хъуыд- даг уыдаид. Уæд кæрæдзи бамбæрстаиккам, уæд амондджын уыдаин. Æз ахæм цард дæр авзæрстон, фæлæ хæрæгыл саргъ куыд фидауы, афтæ мыл фи- дыдта, æмæ ноджыдæр хуыздæр бамбæрстон мæ лæ- мæгъдзинад, мæ ратас-батас æмæ ме ’видауц тыхми- тæ. Нæ рох кодтон мæхи æмæ мæ зæронд æнæуаг, æнæхуыз, хæлд æмæ бирæ ракæ-бакæтыл арæзт царды уаг. Нырæй фæстæмæ дæр, искуы боны цардæй зæрдæ ницæмæй рухс кæны. Æрвылбон мæ дыууæ цæсты раз сты дард митджын хæхтæ æмæ ацы беречет, бакаст- джын, амондджын сылгоймаг. Æрмæст иунæг уыцы хъуыддагæй суыдаин амондджын, фæлæ уый дæр мæ пыв, мæ амонд нæу, — мæн тыххæй нæу уыцы сылгой- маг дæр! йæ тæккæ зындæр æмæ йæ тæккæ æхсызгон- дæр мæ бьгнаты, ме ’гъдауы мидæг уый у, æмæ æз æн- къарын, чызджы кæй æмбарын, уый, фæлæ уый мæн пикуы бон бамбардзæн. Мæнæй дæлдæр, мийаг, нæу исты, æмæ мæ уый тыххæй æнæмбаргæ нæу, фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ мæ хъуамæ æмбаргæ дæр ма кæна. Уый амондджын у; уый нæ дунейы хуызæн, уы- цы иу æгъдауыл лæуд у, æрдзæй куыд рацыд, афтæ- раст æмæ зæрдæнцой у йæхи мидæг. Æз та хæлд къæдзтæ-мæдзтæ, тæлуссонд, лæмæгъ адæймаг, афтæ- мæй м.æ фæнды, мæ хъæнтæ, мæ дызгъуыммæ арæзт хæлд уды хъæд æмæ мын мæ зæрдæйы тыхст, мæзæр- дæйы рис куы бамбарид, уый. Æнæхуыссæгæй бирæ 329'
æхсæвтæ йæ рудзынджы бын арвыстон, æнæ исты æф- сонæй, ницæмæ хъавгæйæ, ницы агургæйæ, афтæмæй, æмæ цæмæн афт;æ кодтон, уымæн мæхæдæг дæр ницы æмбæрстон. 18-æм бон нæ ротæ стæры ацыд. Æз æр- тæ боны хъæуæй фæцух дæн. Æнкъард уыдтæн æмæ мæм хъаджыдæр ницы касти. Æфсæдты царды ми- дæг —къамтæ, зарджытæ, нозт æмæ хæрзиуджыты тыххæй ныхæстæ кæнын мæнмæ ныр фыццагæй хъыг- дæр кæсын байдыдтой. Абон нæкимæ фæстæмæ æр- цыдтаан, федтон уый дæр, федтон мæ цæрæн уат, Ерошкæйы, митджын хæхтæ .къаосæрæй, æмæ мæ зæр- дæ циндзинадæй байдзаг, æмæ бамбæрстон алцы дæр Æз уыцы сылгоймаджы уарзынæнæ гуырысхойæ, æцæг уарзтæй; уарзын фыццаг хатт мæ дунейы цардыл, мæ райгуырынæй нырмæ. Æз зонын, цы ’гъдауы мидæг дæн, уый. Уьгцы уарзондзинадæйæзæгад æмæ æфсæр- мы нæ фæуыдзынæн, ф-æлæ уымæй мæ сины сæртыл хæццдзынæн. Кæй бауарзтон, уый тыххæй мæхимæ ах- хосагæй н-ицы арын. Барвæндонæй, мийаг, æй нæ ба- кодтон, мæ зæрдæйыл мæ бар нæ цыд, цы бакодта, уый йæхи æгъдауæй, æнæ мæн бафæрсгæйæ. Мæ уар- зондзинад цæмæй ферох уа, цæмæй дзы фервæзон, уый сæраппонд æрхъуыды кодтон иокæй дзæбæхдзи- надыл кусын, искæй тыххæй мæхи суæлдай кæнын, æмæ уый фæдыл Лукашкæ ’мæ Марьянæйы аахсæн цы уарзондзинад уыд, уымæй мæхицæн зæрдæтæ æвæр- гæйæ, циндзинад арæзтон, фæлæ уьшæй ницы рацыд, дзæгъæлы хъуыддаг уыд, — мæхи мæстæй мардтон; мæ уарзондзинад æм-æ хæлæгдзинад тынгдæр цы фе- сты, уый йеттæмæ къаддæр нæ кодтой. Уый бæрзонд уарзондзинад кæй хонынц, зонд æмæ хъуыдыдзина- дыл арæзт чи у, æз кæддæр кæй бавзæрстон, ахæм нæу. Уæдæ зæрдæ куы фæрайы, куы фæхъазы æмæ кæй фæрæвдауыс, ахæм уарзондзинад дæр иаву. Уæдæ зæрдæйы мидæгæй чи ’взæры æмæ кæй фембарыс, æмæ дæхæдæг дæхи ’гъдауæй, фæндоныл алцыдаср куы фæкæныс, -ахæм дæр нæу. Уый дæр мын æнæ- взæрст нæу. Уым ноджы къаддæр ис аахсызгондзи- пад, — уый æндæр цыдæр у. Кæд дзы, мийаг, уый луы- зы æз нæ дуне уарзын, нæ дунейы рæсугъддзинæдтæ æвдисæг кæй у, уый сæраппонд; фæлæ мæпæн мæ бар 330
мæхи нæу, æмæ йæ кæд мæ хуызы мидæг æндæр исты уарзы, мæ бар кæуыл нæ цæуы, кæмæн ницы хъомыс стæм, ахæм стыр тых, не сфæлдиоæг хуыцауы дуне. Мæ дуне йеппæт дæр тых æфсæрст, тых тъыст кæны м.æ зæрдæйы мидæг уыцы уарзондзинад æмæ мын зæгъы: уарз. Æз æй уарзын, зондæй æмæ хъуыды- дзинадæй, мийаг, нæ, фæлæ цы дæн уымæй йе ’ппæ- тæй. Уый уарзгæйæ, æз æмбарын, нæ диссаг амонд- джын дунеимæ иу æм.æ æмхæст кæй дæн, уымæй дих, хицæнгонд кæй нæ дæн, уый. Ам, нæхстæры цæрæ- гау, иунæгæй кæй цардтæн; уый дымæгмæ мæм цы ног зонд, цы ног хъуыдытæ æрцыд, уыдон тыххæй уæм раздæр фыстон. Фæлæ ничи бамбардзæн, уыцы ног зонд куыд зынтæй .æрцахста мæ сæр, куыд цин кодтон, мæ зæрды куы æрæфтыдысты æмæ ног, æргом царды фæндаг куы федтон, уæд. Уыцы ног зоп- дæй зынаргъдæр æмæ хуыздæр мæм пицы каст... Фæлæ уарзондзинад æрцыд æмæ уыдонæн сæ кои, сæ хъæр дæр нал ис, рыг фестадысты, фæсмон дæр сыл нал кæнын! Уыцы уазал зонды уынаффæтæ мæ зæрдæмæ кæй цыдысты, уый мæм ныр диссаг кæ- сын байдыдта. Æрцыд рæсугъддзинад, æмæ мæ хуыл- фы цы стыр царды куыст пæлхъ-пæлхъ кодта, уый фе- хæлд, дур дзы дурыл нал баззад. Фæсмондзинад дæр нæй мæ зæрдæйы, чи аивгъуыдта æмæ чи фесæфти, ууыл. Хи сæрвæлтау кæнын, иокæй дзæбæхдзинадыл кусын, уыдæттæ æдылыдзинад сты, æндæр ницы. Уы- дон хи раст кæнæн митæ сты, искæй амондмæ хæлæг гæнгæйæ. Иокæй тыххæй цæрын, искæмæн дзæбæхдзи- над кæнын! Цæй фæдыл, цæй дымæгмæ? Мæ зæр- дæйы хуылфы æрмæст хи уды уарзондзинад йеттæмæ ницы ис, стæй ма иу фæндон: уыцы чызджы уарзын, уьшмæ цæрын, уый цардæй цæрын. Иннæ адæмы æмæ Лукашкæйы амоидмæ нал бæллын ныр. Æз, мæнæ ин- нæтæ кæй хонынц, уыдонæй никæй уал уарзын. Фыц- цаг ма, чи зоны ’мæ, загътаин мæхицæп, афтæ хорз нæу, зæгъгæ. Мæ зæрдæ ма æхсайдтаид: цымæ цы фæ- уыдзæн чызг, Лукашкæ, цы фæуыдзынæи мæхæдæг. Ньгр мæм хъаджыдæр ницы уал кæсы. Æз барвæндо- нæй, мæхи æгъдауæй нæ цæрын, фæлæ ис цыдæр, мæ- нæй тыхджындæр, мæнæн уынаффæ чи кæны, мæ цард 331
мын чи аразы, ахæм. Æз тыхсын æмæ мæ зæрдæ рис- сьг, фæлæ фыццаг мард уыдтæн, æрмæст ныр байдыд- тон цæрын. Абоны бон мын æнæ цæугæ нæй уыдонмæ æмæ мæ зæрдæйы цыдæриддæр ис, уыдон сæрæй-бын- мæ радзурдзын-æн чызгæн. XXXIV Уыцы писмо куы ныффыста, уæд Оленин изæрæн æнафоны хæдзары хицæуттæм бацыд. Зæронд ус бан- доныл бадти пецы фæстæ æмæцыллæйыкъуыбæрттæй æндæхтæ быдта. Марьянæ бæгъæмсарæй цырагъы рухсмæ цыдæр хуыдта. Оленины куы ауыдта, уæд æваст фестад, йæ кæлмæрзæн фелвæста æмæ пецы ’рдæм йæхи байста. — Махимæ абадтаис, Марьянæ, —загъта мад. — Нæ, бæгъæмсар дæн, — æмæ пецы сæрмæ сгæпп ласта. Оленинмæ зындысты æрмæст йæ уæраг æмæ йæ дæлæмæ уагъд хæрзконд къах. Оленин зæронд усы цайæ хорз федта, зæронд ус та йæ хъаймагъæй хорз федта. Марьянæ хъаймагъ æрбахаста, тæбæгъ стъолыл æрæвæрдта æмæ та фæстæмæ йæ бынатмæ, пецысæр- мæ сгæпп кодта. Оленин æнкъардта чызджы цæстæн- гас. Ныхас кодтой хæдзарады хъуыддæгты тыххæй. Зæронд ус Улитæ ацы бон йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд æмæ йæ уазæджы бабуц кæнын æрфæндыд. Æрбаха- ста цæхдоны æвæрд сæнæфсиртæ, сæнæфсирджын гуыл- тæ, сæнæн йæ тæккæ хорзæй, æмæ, хи къухвæллойæ йæхнцæн кæрдзыны къæбæр чи ары, ахæм кусæг адæй- маджы æгъдауыл, зæрдиагæй Оленины хорз уыньш байдыдта. Зæронд ус, фыццаг сæмбæлдæн æнтъыснæг, карз хуыз æмæ æвзæр дзыхы уаг чи равдыста, уый йын ныр йæ зæрдæ балхæдта, йæ чызгæн цы буц ми- тæ кодта æмæ йæм цы фæлмæн уарзæгой зæрдæ дард- та, уымæй. — Хуыцауæй хъæстаг ницæмæй стæм, нæ фыд? Алцы дæр нæм ис, хуыцауы фæрцы, сæн дæр ныллæ- мæрстам, цæхджын дæр, кæй загъдæуы, скодтам, иу æртæ боцкъайы нæм сæн уæййаг дæр уыдзæн, нæхæ- 332
дæг цы нуазæм, уый фаг дæр ма нæм баззайдзæн. Ды цæуын вæнд ма скæ. Æххæст фæлæу, нæ чызджы куы ’рвитæм, уæдмæ. Хъæлдзæг бонтæ арвитдзыстæм. — Æмæ йæ кæд æрвитын вæнд кæнут? — афарста Оленин, æмæ бамбæрста, йæ туг йæ цæсгомы куыд абадт, уый. — Куыд дьш зæгъон, ног къуыри йæ æрвитьш хъз^удзæн, махмæ бадзуринагæй ницы уал ис, цæттæ стæм, — загъта зæронд ус сабыргай, зæрдæнцойæ, цы- ма Оленин гуырд у, нæу, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уый хуызæн. — Æз Марьянæйæн алцыдæр ба- рæвдз, бацæттæ кодтон. Дзæбæх æй арвитдзыстæм, зæгъгæ, зæгъын. Æрмæст иу хъуыддагæй зæрдæ стъæлфы. А-иæ Лукашкæ чи у, уый æгæр цыма иуа- зы? Æнахъинон æвирхъау митæ кæны! Айфыццаг, цы сæдæйы кусы, уырдыгæй иу хъазахъаг æрбацыдæмæ дзырдта, Ногъайы дæр дам уыди. — Афтæмæй фыдбылызы куы нæ бахауид,—загъ- та Оленин. — Хорз дыл æрцæуæд, æз дæр ма уый фæзæгъын: Лукашкæ æгæр ма кæ, мæ хур. Лæппу адæймаг<ш æнæ йæхи равдисгæ дæр кæм и уæдæ. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис. Гъы, рæгъау байстай, адавтай, абырæ- джы амардтай, уыдон иууылдæр лæгдзин-æдтæ сты. Пыр та дæ сабырæй ацæрын хъæуы. Кæннод æгæр кæ- нæг, æппын нæ кæны. — Афтæ у, æз æй иу-дыууæ хатты æфсæдтимæ федтон, æдзух нуазгæ кæны. Ноджы ма йæ бæх дæр кæй ауæй кодта, — загъта Оленин, æмæ фæстæмæ пе- цырдæм фæкаст. Стыр сатæг-сау цæстытæ йæм æрттывтой карз æмæ æнтъыснæг хуызы. Оленин фефсæрмы йæ ныхæстæй. — Гъе ’мæ ,цы? Никæй хъыгдары, — æваст сдзырд- та Марьянæ, — йæхи фæллой нуазы. — Йæ къæхтæ пецы сæрæй дæлæмæ æруагъта, æргæпп кодта, дуары æтте фæци æмæ дуар йæ фæдыл ныггуыпп ласта. Цалынмæ чызг уаты уыд, уалынмæ Оленин йæ каст уый скодта, стæй дуарырдæм йæ æргом сарæзта, æнхъæлмæ йæм каст, æмæ йын зæронд ус Улитæ цы ныхæстæ кодта, уыдонæй ницы æмбæрста. Иу къорд минуты фæстæ уазджытæ æрбацыдысты: зæропд лæг, 333
Улитæйæн йе ’фсымæр æмæ Ерошкæ, сæ хæд уæлвæд та Марьянæ Устенькæи-мæ. — Уе ’хсæв хорз! — цъæхснаг хъæл-æсæй загъта Устенькæ.—Хъæлдзæгæй дæ бонтæ æрвитыс, и? — афарста Устенькæ Оленины. — Бæгуыдæр æрвитын, — дзуапп ын радта уый, æфсæрмы гæнгæйæ. Оленин йæхи айсыымæ хъавыд, фæлæ йын нæ бантыст. Æнæдзургæйæ бадын дæр æм аив нæ каст. З’эеронд лæг ын баххуыс кодта: нуазæн æм бахаста æмæ сæ дыууæ дæр банызтой. Уый фæстæ Оленин ба- нызта Ерошкæим-æ. Стæй иннæ хъазахъаджимæ. Уый фæстæ та Ерошкæимæ. Æмæ цас фылдæр нуæзта Оле- нин, уыйас ын зындæр уыд, зæрдæ мæгуырдæр кодта. Зæронд лæгтæ бахъæлдзæг сты. Дыууæ чызджы пе- цы сæр сбадтысты æмæ сæм 1кастысты, сусæгæй сæхи мидæг ныхæстæ гæнгæйæ. Лæгтæ æнафонмæ фæ- луæзтой. Оленин дзургæ ницы кодта, фæлæ нуазгæ хорз — сеппæтæй фылдæр. Хъазахъ чысыл базмæлыды- сты æмæ хъæлæба кæнын байдыдтой, Зæронд ус сæ æттæмæ сырдта æмæ сын сæн нал лæвæрдта. Чызджы- тæ Ерошкæйыл сæхи нымæры худтьисты, æмæ дæс са- хаты уыдаид, афт,æ æттæмæ рацыдысты. Зæронд лæг- тæ Оленинæн тыххæй сæхи бахонын кодтой; сæ зæр- дæйы уыд се ’хсæв уымæ арвитын." Устенькæ сæхимæ афардæг. Ерошкæ йе ’мбал хъазахъаджы Ванюшæмæ ахуьщта. Зæронд ус хæдзар бафснайынмæ ацыд; Марьянæ зььбыты иунæгæй уаты баззад. Оленин, цыма йæ фынæйæ ныртæккæ райхъал, уыйау хъæлдзæг æмæ уæнгрог уыд. Æнæ хъуыдыгонд ын ницы уыд. Зæронд лæгты йæ разæй фæкодта, йæхæдæг фæстæмæ уатмæ баздæхт. Марьянæ хуыссынмæ хъавыд. Оленин æм хæ- стæг йæхи баласта æмæ йын цыдæр эæгъинаг уыд, фæлæ фæкъуылымпы æмæ ницы уал загъта. Чызг хуыссæныл æрбадт, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, йæхи æттæдæр къуымырдæм байста æмæ йæм æнæдзургæйæ сьирддзастæй касти. Æвæццæгæн дзы æдас нæ уыд. Оленин уый æмбæрста, фæтæригъæд ын кодта, фсф- сæрмы, фæлæ йын æхсызгон уыд, æппын ницæй бæсты дзы тæрсгæ уæддæр кæй кодта, уый, æм-æ йæхиуыл фервæссыд. 334
Марьянæ! — загъта Оленин, — куыд никуы мын æртæригъæд кæныс? Куыд дын æй зæгъон, фæлæ дæ цас уарзын, уымæн кæрон дæр нæй. Чызг йæхи ноджыдæр дарддæр айста. — Сæны зыввыттмæ кæсыс, цы ныхæстæ кæны! Ницы мæ радомдзьшæ, мацæмæ мæм æнхъæлмæ кæс! — Нæ, рæдийыс, сæн нæу. Лукашкæйæн ма баком. Æз дæ ракурдзынæн. — «Ныр цытæ дзурын? — ахъуыды кодта йæхи нымæры, куыддæр уыцы ныхæ- стæ дзыхæй уæлæмæ сирвæзтысты, афтæ. Сом-бон дæр ма цымæ афтæ З’æгъдзынæн? Зæгъдзынæн, бæгуы- дæр, зæгъдзынæн, ныртæккæ дæр та йæ дыикаг хатт радзурдзынæн», — сдзырдта йæм йæ зæрдæбынæй хъæлæс. — Баксшдзынæ мын? Чызг æм зæрдиагæй бакаст, цыма дзы нал тарст, ахæм цæстæнгасæй. — Марьянæ! сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы, Мæхи дæр нал æмбарын. Дæу цы фæнда, уый йеттæмæмын ницы бакæнæн ис. — Æмæ æнæсæрфат, тыхджын, фæлмаан, зæрдæоæттæн ныхæстæ сæхæдæг сæхи æгъда- уæй згъордтой Оленины дзьгхæй. — Ныр цы гæды ныхæстæ скъæрыс, — цæхкæр ыи фæлыт кодта йæ ныхас чызг æмæ й,æм кæй бадаргъ кодта, уыцы къух ацахста. К’ьух йæхицæй нæ акъуырд- та, фæлæ йыл фидар ныххæцыд йæ дæрзæг ’къухы тых- джын æнгуылдзтæй. —Искуы мауый æрцыд, æмæуæз- дæттæ хуымæтæджы чызджытæ курой? Дæхи айс, цæугæ! — Ко’мгæ мын бакæндзьшæ, комтæ? Æз алцы д.æр... — Уæд Лукашкæйы та цы фæкæндзыстæм? — загъта чызг, худгæйæ. Оленин чызгæй йæ къух ратыдта, æмæ æвзонг чызджы йæ хъæбысы тыхджын ныккодта. Чызг хъуа- зау фæтæррæст ласта, рагæпп кодта йæ бæгъæввад къæхтæй æмæ дуары æтте фæци. Оленин куы æрно- мыл, куы æрæмбæрста, уæд йæ зæрдæ йæхиуыл фæ- худт. Чызджы цур йæхимæ æнаккаг, æгад æркаст. Фæлæ кæй загъта, уый тыххæй иу мисхал дæр фæсмон нæ фæкодта, афтæмæй сæхимæ æрцыд. Зæронд лæгтæ 335^
нозты кой кодтой. Оленин сæм фæстæмæ дæр нал фæ- каст, хуыссæны йæхи баппæрста æмæ йæ къах дæр нал атылдта, афтæ тарф фынæй рагæй нырмæ нал баци. XXXV Дыккаг бон уыд бæрæгбон. Изæрæй æгас хъæу сæ бæрæгбоны дзауматы мидæг, хуры рухсмæ æрттывты- тæ гæнгæ, æтте уынгты лæууыдысты хур ныгуылын афон. Сæн ацы аз иннæ азтæй фылдæр æрлæмæрстой. Адæм куыстгонд фесты. Хъазахъ мæйы бонмæ æфсады цæуын вæнд кодтой æмæ бирæтæ сæхи цæттæ кодтой, чи чындз хæссынмæ, чи та чызг æрвитынмæ. Адæмæн сæ фылдæр лæууыдысты лæгъзы, хъæуы уынаффæдоны æмæ дыууæ дуканийы раз. Дуканиты уыд: сæ иуы хæринæгтæ æмæ æхсынæнтæ, аннæйы та кæлмæрзæн- тæ æ(мæ джиппæй фыст хъуымац. Уынаффæдоны хæ- дзары бындуры тæрхæгыл бадтысты æмæ йæ цуры лæууыдысты зæронд лæгтæ, цъæх æмæ сау, хæрдгæ быдæй арæзт уæрæх цухъаты мидæг. Зæронд лæгтæ сабыргай дзуаппæй дзырдтой сæхи мидæг; хорты, æвзонг фæсивæды, жхсæны хъуыддæгты æмæ зæронд заманы кой кодтой; лæппу адæм.мæ æнæрвæссон, бар- джын æмæ зæрдæнцой цæстæнгасæй кастысты. Усты- тæ ’мæ чызджытæ-иу сæ цурты цæгугæйæ фæлæууыды- сты æмæ-иу сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой. Лæппу хъазахъæгтæ-иу сæ цыд фæсабырдæр кодтой, сæ худ- тæ сын-иу фелвæстой æмæ-иу сæ исдуг, æнæ ньгккæн- гæйæ, сæ къухты дардтой сæ сæрты раз. Зæронд лæг- тæ-иу фæхъус сты. Чи тызмæг, чи фæлмас, рæвдауæн цæстæнгасæй каст цæуджытæм, сæ худтæ сын-иу уæз- бьин ист скодтой æмæ та сæ-иу фæстæмæ ныккодтой. Хъазахъы чызджытæ сæ симд-хъазт нæма байдыд- той, фæлæ къордгæйттæй зиллаккæй лæууыдысты æрттиваг куырæтты æмæ урс кæлмæрзæнты мидæг, æмæ афтæмæй аууоны бадтысты, чи зæххы, чи хæдза- ры тæрхæгыл, æмæ, хъæрæй ныхæстæ гæнгæ, худты- сты. Чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ портийæ хъазы- дысты. Порти-иу бæрзонд, уæларвмæ фæцыд. Сывæл- лæттæ-иу хъæр æмæ ахстæй бæстæ сæ сæрыл систой ззо
æмæ-иу портийы фæстæ згъордтой лæгъзы. Хъомыл чызджытæ, лæгъзæн йе ’ннæрдыгæй фарс, тигъыл симгæ-хъазт сарæзтой æмæ цъæхснаг нæуæндон хъæ- лæстæй зарыдысты. Пъисыртæ, æмæ æфсадæй чи, æр- баздæхт, уыцы лæппу-фæоивæд, ног, хæрдгæ быдæй арæзт, урс æмæ сырх цухъаты мидæг, хъæлдзæг, бæ- рæгбон хуыз цæсгæмттимæ, дыгæйттæй-æртыгæйттæй, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, зылдысты чызджыты æмæ устыты æмбырдтыл; сæ цуры-иу алæууыдысты æмæ-иу семæ хъазæн ныхæстæ кодтой. Дуканигæс-сомихаг хæрдгæ быдæй арæзт зынаргъ, цъæх тæнæг сгæллад цухъайы мидæг, дуканийы гом дуары цур, йе стыр- дзинад æмбаргæйæ, хъал лæуд кодта æмæ æнхъæлмæ каст æлхæнджытæм. Дыууæ сырх зачъеджын бæгъæв- вад цæцæйнаджы Теркæн уыцы фарсæй æрбацыдысты бæрæгбон фенынмæ; сæ лымæны хæдзары цур дзуц- цæджы бадтысты, гыццыл лулæтæй, тутæ гæнгæйæ, æнаивгомау тамако дымдтой æмæ, адæммæ кæсгæйæ, оæхи мидæг ныхæстæ кодтой. Стæммæ, бæрæг- бон кæмæн нæ уыд, ахæм салдат, зæронд цинелы мидæг, тагъд-тагъд фæцæйуад лæгъзы, алыхуызон дзаумайы мидæг æмбырдты æхсæнты. Кæцæйдæрты хъуысын байдыдта расьгг адæмы зарджытæ. Хæдзæрт- тæ, æнæ иу цухæй, æхкæд уыдысты, сæ бацæуæнтæ æх- <сад дысонæй нырмæ. Зæронд устытæ дæр ма рацыды- сты уынгмæ. Хус уынгты кæмдæриддæр, къæхты бын, рыджы мидæг зындысты харбыз æмæ насы хъæппыты цъæрттæ. Уæлдæф хъарм æмæ сабыр уыд. Мигъы цъупп никæцæй зынд, — арв уыд сыгъдæг цъæх- цъæхид æмæ рæсут. Урс æвзист-хуыз хæхты рагъ, хæ- дзæртты сæрты фæсте хæрз хæстæг зынд æмæ, хурны- гуылын афон, дыдзы рухсмæ сырх дардта. Стæммæ доны фаллагфарсæй хъуыстсармадзаны гæрахы гуыв- гуыв. Бæрæгбоны хъæлдзæг хъæртæ, кæрæдзийыл ны- хæсгæйæ, хъуыстысты алырдыгæй. Оленин æнæхъæн райсом фæрацу-бацу кодта, Марьянæиы фенынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Фæлæ Марьянæ хæдзар куы бафснайдта, уæд оихоры ар- гъуыдмж аргъуанмæ ацыд; уый фæстæ куы чызджы- тимæ хæдзары бындуры тæрхæгыл бадти, æхсынæнтæ къæрццытæ гæнгæйæ, куьт та-иу йе ’мбæлттимæ сæхи- 22 Л. Н. Толсюй. 337
мæ дæр æрбауад æмæ-иу сæ фатеры цæрæгмæ хъæл- дзæгæй, рæвдауæн цæстæнгасæй бакæстытæ кодта. Оленин нæ уæндыд йемæ хъазæн ныхæстæ акæнын, уæлдайдæр искæй цур. Фæндыд æй зноны ныхас кæ- ронмæ ахæццæ кæнын æмæ, æнæ ракæ-бакæйæ, цæх- кæр дзуапп райсын. Æнхъæлмæ каст, дысон изæры хуы- зæн, фадат ранмæ, фæлæ йыл нæ хæст кодта. Уыцы æгъдауы мидæг та йын, æнæ исты бæлвырд бæрæг ха- бар зонгæйæ, иттæг зын уыд. Чызг та ног æттæмæ, уынгмæ рацыд. Оленин чысыл фæстæдæр йæ фæдыл æнæхъолай араст. Чызг кæм бадти, уыцы фисынæй адарддæр, æрттывтытæ гæнгæ, йæ атлас цъæх куырæты мидæг. Фæсте фехъуыста чызджыты кæлкæл æмæ йæ зæрдæ срыст. Белецкийы хæдзар уыд фæзы комкоммæ. Оленин, йæ цурты цæугæйæ, фехъуыста Белецкийы хъæлæс: «мидæмæ», зæгъгæ æмæ йæм бацыд. Аныхæстæ кодтой æмæ сæ дыууæ дæр рудзынджы цур æрбадтысты. Чысыл фæстæдæр ма сыл бафтыд Ерошкæ, ног куырæты мидæг. Уый дæр сæ цуры зæх- хы æрбадт. — Уартæ уый уæздæтты къорд у, — дзырдта Бе- лецкий, мидбылты худгæйæ, æмæ йæ къухы пъашъиро- зæй ацамыдта фисыныл иу къордмæ алыхуызон дзау- маты мидæг. — Мæнон дæр уым ис, уыныс æй, сырх дзаумайы мидæг. Уый ног æлхæд у. Симын рæхджы байдайдзыстут? — ахъæр кодта Белецкий, рудзынгæй æттæм-æ йæ сæр даргæйæ. — Куыддæр æрталынггæ- рæттæ уа, афтæ мах дæр уырдæм хъæуы... Стæй сæ Устенькæмæ æрбахондзыстæм. Хъазт-изæр сын сара- зын хъæудзæн. — Æз дæр æнæ ’рцæугæ нæ фæуыдзынæн Устень- кæмæ, — загъта Оленин ныфсхастæй. — Марьянæ дæр уым уыдзæн? — Уымæн фæцух кæнæн нæй, æрцу иу! — загъта Белецкий, æнæ дисгæнгæйæ.—Æвæдза, рæсугъдæй та ма сæ цы загъдæуа!—бафтыдта ма Белецкий, хъулон дзыгуыртæм амонгæйæ. — Тынг рæсугъд!—сразы ис Оленин, йæхи зæр- дæнцои хуызы æвдисгæйæ. — Ацы бæрæгбонтыл æз кæддæриддæр стыр дис кодтон, цæмæн афтæ у цымæ^ 338
дзырдæн зæгъын, абоны бон майæн йæ фынддæсæй- маг бон кæй у, уый сæраппонд адæм хъæлдзæг æмæ разы сты. Алцæуыл дæр зыны бæрæгбон. Цæст уæд, цæсгом уæд, хъæлæс, змæлд, дзаума, уæлдæф, хур,— сеппæт дæр бæрæгбон хуыз сты. Æрмæст æз æмæ дæ- уæн нæй бæрæгбон. — Афтæ у, — загъта Белецкий. — Ахæм зондджын ныхæстимæ, гæды ныхас, лымæн нæ уыд, нæ сæ уарз- та. —Дæуыл та цы ’рцыди, цæуылнæ нуазыс? — афар- ста Ерошкæйы Белецкий. Ерошкæ, Оленинмæ кæсгæйæ, Белецкийы ’рдæм йæ цæст фæныкъуылдта: — Стырзæрдæ адæймаг цыдæр у дæ лымæн! Белецкий нуазæн йæ къухмæ систа. — Хуыцау-арфæ, — зæгъгæ, фæсидти æмæ йæ анызта. — Æнæниз ут, — худгæйæ загъта Ерошкæ æмæ й,æ уый дæр анызта. — Афтæ загътай: бæрæгбон! — уæлæмæ стгæйæ æмæрудзынгæй кæсгæйæ, загъта ЕрошкæОленинæн. — Ай цæй бæрæгбон у! Бæрæгбон афтæ вæййы! Зæронд заманы куыд арæзтой бæрæгбон, уый мын куы федтаис? Устытæ-иу рацыдысты хæрдгæ быдæй арæзт дзауматы мидæг. Риутæ сыгъзæринæй нæ зындысты. Сæ сæртыл сыгъзæринæй арæзтхудтæ. Сæр-сæр гæнгæ-иу куы фæ- цæйцыдысты, уæд уыдонæй хуыздæр ма-иу лæг цæмæ бакастаид. Уæд хуымæтæджы хъазахъаг ус æхсинæй уæлдай нæ уыд. Æгас рæгъауæй-иу куы рараст сты æмæ-иу куьт ныззарыдысты, уæд-иу бæстæ змæлыд. Æхсæв-бонмæ-иу сæ хъазынæй нæ банцадысгы. Хъазахъ-иу æнæхъæн боцкъа кæртмæ ратылдтой; уым-иу æрбадтысты æмæ-иу бонвианмæ, æнæ сыстгæйæ, нуæзтой. Кæнæ-иу кæрæдзи къухыл ныххæцыдаиккой æмæ-иу уынджы дæлæмæ <араст уыдаиккой уыцы æм- хуызонæй. Чи сыл-иу сæмбæлдаид, уымæн дæр ауа- дзæн нæ уыд, семæ-иу æй айстаиккой æмæ-иу афтæ, уыцы хуызæнæй, хæдзæрттыл зилгæ ацыдысты. Ахæм рæстæг-иу скодта, æмæ-иу æртыгай бонтæ æнæ сцу- хæй нуæзтой. Мæ зæрдыл ма лæууы; мæ фыд-иу йæ дзауматæ куы кæм, куы кæм ныууагъта æмæ-иу æнæ худæй, сырх-сырхидæй, ра^сыд цæсгомимæ нæ хæдзары 339
æрбалæууыд, æмæ-иу уыцы хуызæнæй йæхи хуыссæ- ны баппæрста. Мæ мад ын йе ’гъдау зыдта: йе ’рцыд- мæ-иу ьгн йæ нозт ссæуыиы тыххæй, йеугæф æмæ сæн бацæттæкодта, куыдзы хæстæн йæ хъуьш йæ хос, уæдæ куыд, йæхæдæг-иу уынгты дыууæрдæм згъордта худ агурæг. Дыууæ боны-иу уæлæмæ нал сыстад хуыссæ- нæй. Ахæм адæм уыдысты, м-æ хæлар, ахæм, фыццаг заманы! Ныр та ма цæй адæм ис! — Уыдæттæ иууылдæр хорз, фæлæ чызджытæ сæ- хæдæг иунæгæй хъазыдысты? — афарста Белецкий. — Сæхæдæг, хицæнæй. Афтæ дæр-иу кодтой: хъа- захъ кæм фистæгæй, кæм бæхтыл æрбацыдаиккой æмæ-иу загътой, цомут æмæ сын сæ хъазт ныппырх кæнæм, æмæ-иу араст сты; чызджытæ та-иу хъилтæ райстой. Мæ зæрдыл ма лæууы. Цæрвхæрæны-иу хъазахъæй исчи бæхыл йæхи раскъæрдтаид æмæ йыл- иу чызджытæ хъилтæй ралæууыдысты: чи йæхиуыл, чи та бæхыл. Барæг-иу сæ дыууæ дихы фæкодта, йæ уарзоныл-иу йæхи асæрфта, фелвæста-иу æй æмæ-иу æй уыцы хуызæнæй афардæг кодта. Афтæ йæ уарзта йæ зæрдæйы рухсы. Æниу хуымæтæджы чызджытæ уыдысты, æнхъæл дæ! Паддзахы чызджытæй цы кæ- ньгс, кæй загъдæуы! XXXVI Уыцы афон цæхкæр уынгæй æрбазындысты дыууæ барæджы æмæ фæзы æрбалæууыдысты. Сæ иу уыд Назаркæ, иннæ Лукашкæ. Лукашкæ йæ нард рох кæс- гон бæхыл чысыл зулаив, къул бадт кодта. Бæх хъæ- бæр фæндагыл рог цыд, размæ тындзгæйæ æмæ йæ сæрæй хъазгæйæ; йæ нарæг мæсыг æрттывтытæ кодта. Топп æнгом агъуды мидæг, дамбаца сины сагъд, ны- мæт æгъдауыл тыхт фæсарцы, —уыдæттæй бæрæгуыд, Лукашкæ дард бæстæй æмæ æцæгæлон адæмы æхсæ- нæй кæй æрбацыд, уый. Иуварсырдæм къул хъал бадт, æнæ аразгæ къухты змæлд, йехс æмæ идонимæ арæх- сын, йехсы рог цæфы зына-нæ-зына къæрццытæ æх- тæнгтыл, уæлдайдæр та, стырзæрдæ, æнæрвæссан цъынддзастæй каст йе ’рттиваг сау цæстытæй адæммæ 340
йæ алфæмблай, — уыдæттæй бæрæг уыд, лæппу адæй- маджы тых æмæ йæм ныфс кæй уыд æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уый. — Сахъ лæг циу, уый уьгн æмбарын кæнын, — дзырдтой Лукашкæйы цæстытæ, дыууæрдæм адæммæ кæсгæйæ. Уындджын бæх, æвзи- стæй арæзт саргъы дзауматæ, æвзист гæрзтæ, йæхæ- дæг рæоугъд гуырвидауц адæймаг, — уыдæттæй, уым фæзы цыдæриддæр уыд адæмæй, сеппæты дæр йæхи- мæ æркæсын кодта. Назаркæ къæсхуыр, цыбыргомау адæймаг, дзаумайæ Лукашкæйæ мæгуыраудæр арæзт. Зæронд лæгты цур цæугæйæ, Лукашкæ бæх фæурæдта æмæ йæ урс къæбæлдзыг худ йе ’лвыд сау сæрæй фел- вæста. — Ногъайаг бæхтæ бирæратардтай? — афарста йæ къæсхуыр зæронд лæг, тарæрфыг æмæ æнтъыснæг цæ- стæнгаси-мæ. — Ды сæ, .æвæццæгæн, банымадтаис, дада, кæм мæ фæрсьгс, уым, — радта йын дзуапп Лукашкæ, йæхи тигъгæнгæйæ. — Дæ разы уыцы лæппуйы демæ куы нæ хонис, сафыс æй, — ноджы æнтъыснæгдæрæй загъта зæронд лæг. — Адæмæй ницы басусæг уыдзæн, хæйрæджытæ сты, зоны хъуыддаг, — загъта йæхи нымæры Лукашкæ æмæ йæ цæсгомыл сагъæс фæбæрæг. Фæлæ фисыныл чызджыты лæугæ ауыдта æмæ бæх уыцырдæм фездæхта. — Уæ бонтæ хорз, чызджытæ! — фæхъæр кодта Лукашкæ тыхджын гуыр-гуыр гæнаг хъæлæсæй æмæ йæ бæхы дзыхълæуд фæкæнын кодта. — Базæронд стут æнæ мæн, кæлæнгæнджытæ, — йæхæдæг бахудт. — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд! Æгас нæм цу, æгас, — бацин ыл кодтой чызджытæ алырдыгæй. — Æхца бирæ æрбахастаис? Чызджытæн исты адджинæг- тæ балхæн, мардзæ! Бирæ фæуыдзынæ ам? Кæдæй-уæ- дæй ма дæ федтам. — Назаркæимæ æрбатыффытт ластам, иу æхсæв фæуыдзыстæм, — радта сын дзуапп Лукашкæ. Йехсæй февзыста æмæ бæх чызджытæм батардта. — Марьянæ дæ, æвæдза, бынтондæр ферох код- та, — сцъыбар-цъыбур кодта Устенькæ, йæ рæмбын- 341
къæдзæй Марьянкæйы фесхуыста æмæ йæ дзыхы дзаг ныххудти. Марьянæ, бæхæй тæрсгæйæ, йæхи фæстæдæр айсга æмæ йæ сæр бæрзонд, схъæл даргæйæ, йæ дынджыр æрттиваг цæстытæй зæрдæджын каст скодта хъаза- хъагмæ. — Æцæг рагæй нырмæ нал уыдтæ ам! Бæхы къаах- ты бын нæ кæныс! — загъта йын уазал зæрдæ æвдис- гæйæ, Марьянæ æмæ йæхи фæтигъ кодта. Лукашкæ йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд. йæ цæсго- мыл бæрæг уыд йæ хъæлдзæгдзинад æмæ йæ сахъ- дзинад. Марьянкæйы уазал дзуапп ын йæ зæрдæ амардта, æмæ æвиппайды йе ’рфгуытæ фæтар кодта. — Æгъдынцойыл слæу æмæ дæ хохмæ афардæг кæнон, мæ дунейы рухс! —æваст фæхъæр кодта Лу- кашкæ, цыма йæ тар хъуыдытæ сырдта, уыйау, æмæ чызджыты æхсæн бæхыл схъазыд. Йæхæдæг Марья- нæмæ æргуыбыр кодта æмæ йын загъта: — Ахæм ба дын ныккæндзынæн, æмæ дын æй куыд зæгъон, диссаг! Марьянæ йæм фемдзаст, æвиппайды фæсырх æмæ фæстæмæ йæхи айста. — Стæ ма, дæ хорзæхæй! Мæ къæхтыл мын лæу- уыс, — загъта Марьянæ, йæ сæр фæгуыбыр кодтаæмæ йæ хæрзконд къæхтæм æркаст. Къæхтыл уыд æнгом цъæх цъындатæ, фаты хуызæн нывтимæ æмæ нарæг хæрдпæ быдæй арæзт ног сырх сæрак дзабыртæ. Лукашкæ Устенькæйы ’рдæм фæци. Марьянæ, сы- вæллон йæ хъæбысы кæмæн уыд, ахæм хъазахъаг усы цур æрбадт. Сывæллон Марьянкæмæ йæхи балвæста æмæ йæ гыццыл пумпуси къухтæй чызджы куырæтыл баст фæрдгуыты босыл ныххæцыд. Марьянæ сывæл- лонмæ йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ зула-ив Лукаш- кæмæ бакаст. Лукаш^æ уыцы сахат йæ цухъайы бы- нæй сау куырæты дзыппæй адджинæгтæ æмæ æхсы- нæнтæ тыхтæй сласта. — Уеппæтæн сæ лæвар тсæнын, — загъта Лукашкæ, адджинæгтæ Устенькæмæ дæттгæйæ æмæ, йæ мидбыл- ты худгæйæ, Марьянæмæ бакаст. Чызг та ног йæ хуыз афæлывта. йæ диссаг рæ- сугъд цæстытæ, цыма сыл мигъ абадт, афтæ фæтар сты. Кæлмæрзæнæй тыхт былтæ байгом кодта, сы- 342
вæллоны урс гыццыл цæсгомыл йæ оæр авæрдта æмæ йын æхсызгон батæ кæнын байдыдта. Сывæллон, фæрд- гуытыл хæцгæйæ, чызджы бæрзонд риумæ йæ къухтæ быцæу сарæзта, йæ æнæдæндаг дзых фæхæлиу-фæхæ- лиугæнгæ. — Цы дыл æрцыд, марыс æи, æмбисонд фæуай! — загъта мад сьгвæллоны исгæйæ æмæ йæ куырæты æгъ- нæджытæ æфтаугæйæ, дзидзи бадарыны тыххæй. — Фæлтау уæртæ лæппутæн æгасцуай зæгъ. — Æрмæст мæ бæх бафснайон, фæстæмæ мæ ар- дæм хъæуы Назаркæимæ, æнæхъæн æхсæв-бонмæ ны<н æнæ хъазгæ нæй, — загъта Лукашкæ, йæхæдæг йех- сæй бæх ныццæлхъ ласта æмæ яфардæг. Цæхкæр уынджы иуфарсырдæм Назаркæимæ фæ- зылдысты æмæ фæрсæй-фæрстæм æвæрд дыууæ хæ- дзары ныхмæ бацыдысты. — Кæдæй-уæдæй нæ хæдзæрттыл сæмбæлдыстæм! Тагъд-иу æрбацу, — фæхъæр кодта Лукашкæ йе ’мбал- мæ, бæхæй хизгæйæ, æмæ арæхстгай бæх сæхи кауып кулдуарыл баласта. — Дæ бон хорз, Степкæ!—загъ- та Лукашкæ йæ къуыдты хойæн. Къуыдты бæрæгбоны арæзтæй уынгæй æрбацæйцыд бæх райсынмæ. Лукаш- кæ къуыдтыйæн нысæнттæй ацамыдта, бæх хосыл куыд бабæтта æмæ йын йæ саргъ куьтд нæ сиса, афтæ. Къуыдты цыдæр хъæртæ кæнын байдыдта, бæхы ’рдæм амонгæйæ, æмæ бæхæн йæ фындзы.хъæлæн аба кодта. Уымæй æмбарын кодта, баах хорз кæй у æмæ йæ бирæ кæй уарзы, уый. — Дзæбæх уай, мæ мад! Нырма æнхъæлдæп æмæ æттæмæ уынгмæ дæр нæма акастæ, — загъта Лукаш- кæ, йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ æмæ асиныл уæлæмæ хизгæйæ. йæ зæронд мад ын дуар бакодта. — Мæнæ мыл æнæнхъæлгæйæ цы хорз æрцыд, — загъта зæронд ус. — Киркæ та афтæ дзырдта, нæ дам æрбацæудзæн. — Марадз-ма, сæн æрбахæсс, мæ мад! Назаркæйы ныртæккæ ардæм хъæуы. Max дæр нæ бæрæгбонæн акувæм. — Ныртæккæ, цард дын фестон, ныртæккæ, — 343
загъта зæронд ус. — Устытæ дæр бæрæгбон аразынц. Æз æнхъæл дæн, мах къуыдты дæр уырдæм ацыдаид. Зæронд ус дæгъæлтæ йемæ айста æмæ къæбицмæ ацыд, Назаркæ бæх бафснайдта, йæ гæрзтæ систа æмæ Лукашкæмæ æрбацыд. XXXVII — Цæй, æнæнизæй нын цæр, — загъта Лукашкæ, йæ мады къухæй сæны хъалац исгæйæ æмæ йæ арæхстгай йæ дзыхмæ хæсгæйæ. — Хъуыддаг хорз нæу, — загъта Назаркæ. —Уыцы зæронд лæг Бурлак цы загъта: «Бирæ бæхтæ дам ра- давтай?» Æвæццæгæн, исты йæ хъусыл æрцыд. — Кæлæнгæнæг у! — цæхкæр, цыбырæй загъта Лу- кашкæ. — Уыдæттæ ницы сты, хъæлæкк, де’гасæй! — бафтыдта ма уый, йæ сæр тилгæйæ. — Бæхтæ ныр до- нæн уыцы фарс фесты. Цу æмæ сæ агур ныр! Сæ фæд дæр сын нал ссардзысты. — Уæддæр, мæммæ гæсгæ, хъуыддаг лæгъз нæ цæуы. — Цæмæй? тыхсгæ ма кæн! Райсом ын сæн бадав- дзынæ. Афтæ куы кæнай, уæд тас ницæмæй у. Ныр не ’хсæв дзæбæх арвитæм. Баназ-ма, цæй, цад цаддоны фидауы, — фæхъæр кодта Лукашкæ, зæронд лæг Ерошкæ куыд дзырдта, уыцы хъæлæсы уагæй. Ныр- тæккæ чызджытæм хъазынмæ араст уыдзыстæм. Ды баздæх, ,æмæ мыд рахæсс, на уæд къуыдтыйы ар- витдзынæн. Боны цъæхмæ нын æнæ хъазгæ нæй. Назаркæ бахудти. — Куыд зæгъыс, ам ма бирæ фæуыдзыстæм? — афарста Назаркæ. — Фæлæу, баййафдзыстæм æй; цæуыл тагъд кæ- ныс? Иу чысыл нæхи аирхæфсæм. Марадз, арахъмæ азгъор! Гъа, мæнæ дын æхца! Назаркæ, æнæ фæстæмæ дзургæйæ, æнæзивæг Ямкæмæ азгъордта. Ерошкæ æмæ Ергушов сынтты уавæрæн уыдысты, уайтагъд-иу бамбæрстой, холы кæм уыд, уый, æмæ уым 1кæрæдзи фæдыл æрбалæууыдысты. — Рахæос-ма ноджыдæр ведрайы æрдæг!—ба- 344
хъæр кодта Лукашкæ йæ мадмæ, куыддæр æгасцæуай- тæ-йеттæ акодтой, афтæ. — ^Цæй-ма, нæ хæйрæг, радзур нын, кæцæй ра- давтай? — эагъта Ерошкæ. — Car лæг дæ, ныууадз! Æз афтæ уарзын! — Хорз мæ уарзыс, уайдзаг бау, кæннæуæдæ, — загъта Лукашкæ, худпæйæ. — Чызджытæн юнкерæй адджинæгтæ хæссыс. Æй, зæронд, цы дын зæгъон, гъа! — Гæды ныхас у, ма дæ бауырнæд! Ей, Маркæ, куы дын амардаин фæлтау! — Зæронд зæрдиагæй ныххуд- ти. — Куыд мын лæгъстæ кодта уыцы хæйрæг, уый куы зонис! Цу, дам, бакой кæн, бакус. Топп мын лæ- вар кодта гæртамæн. Цæй, хуыцауы фæндиаг уæд! Гæды ныхас циу, æз хъуыддаг сарæзтаин, фæлæ дæ- уæн тæригъæд кæнын. Цæй-ма, радзур, кæмыты уыд- тæ. —Æмæ зæронд лæг тæтæйрагау дзурын байдыдта. Лукашкæ йын къæрцц-къæрццæй фæстæмæ дзуапп лæвæрдта. Ергушов тæтæйрагау хорз нæ зыдта æмæ-иу искуы- иу хатт уырыссагау йæ дзырд баппæрста. — Æз зæгъын, æмæ бæхтæ атардта. Уый мын цы зонын хъæуы, — фæрсласæн ныхас кодта Ергушов. — Гирейкæимæ араст стæм, — байдыдта дзурын Лукашкæ. (Гирей-ханы, хи раппæлыны тыххæй Гирей- кæ хуыдта, уый йæхицæн номыл æм.æ лæгдзинадыл ньшадта). Донæн уыцы фарс йæхи æппæлынæй фыл- дæр нæ уыд, дзырдта, быдыртæ йæ фондз къухы хуы- зæн зонын, комкоммæ уæ бахæццæ кæндзæн, зæгъгæ. Афтæмæй куы араст стæм, уæдмæ Гирейкæ мæйдары фæндагæй фæдзæгъæл, разил-базил кæнын байдыдта æмæ никуы ’мæ ницы: хъæу никæцæй зынд. Æвæццæ- гæн, рахиз фарсырдæм арæдыдыстæ’м. Æмбисæхсæв- мæ фæрахæт-бахæт кодтам, агуырдтам. Нæ амондмæ гæсгæ куыйтæ ониудтой. — Æдылы къоппатæ, — загъта Ерошкæ.—Хъуы- ды Mai кæнын, мах дæр-иу æхсæв быдырьг афтæ фæ- дзæгъæл стæм. Хæйрæг чи фестадаид, уый дæр ницы уал равзæрстаид. Æз-иу ахæм сахат обаумæ схызтæн æмæ-иу мæнæ афтæ бирæгъы ниуд ныккодтон! (Ерош- кæ йæ къухтæ йæ дзыхыл куыддæр авæрдта æмæ цы- ма æнæхъæн бирæгъ-бал æмхуызонæй ниудтой, афтæ 345
нынниудта). Уæд-иу куыйты ниуын дæр ссыд. Гъы-гъы, дæ ныхас фæу. Фæхæст стут? — Бирæ нал афæстиат стæм, уайгагъд нæ хъуыд- даг ацарæзтам. Назаркæ ма чысылтыл баззад, ногъа- йы устытæ нын -æй фæцæйахстой. Æцæг зæгъын, ба- уырнæд уæ! — О, æрцахсыны йеттæмæ сæ ницы хъуыди, — загъта Назаркæ, фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд, цыма йын хъыг уыд, уыцы æгъдауæй. — Рацыдыстæм æмæ та нын Гирейкæ фæндагæй арæдыд æмæ нæ, чысыл ма бахъæуа, змисджын ары- хъытæм фæцæй кодта. Цыма Терчы’рдæм цыдыстæм, уыйау нæм зынд, афтæмæй инпæрдæм, галиуæрдæм адзæгъæл стæм. — Стъалытæм дæ юæсын хъуыд, — загъта Ерошкæ. — Æз дæр афтæ зæгъын, — фæрошсæг алæууыд Ергушов. — Мæйдары кæсай, ма кæсай, цы фендзынæ? Цас æмæ цас фæтухи, фæракæ-бакæ кодтон. Иу ефс æр- цахстон, идон ыл авæрдтон æмæ мæхи бæх ауагътон, кæд нæ уый бахæццæ кæнид, зæгъгæ. Æмæ куыд æн- хъæл дæ? Бæх-иу ныффыррыччытæ кодта æмæ-иу зæх- хылйæфындз ахафта. йæхи фæразæй кодта æмæ уьгй ахъуыды кæ, æмæ нæ комкоммæ хъæумæ æрбахуыдта. Хуыцау хорз, æмæ бон дæр февайдта, фæрухс, куыд- дæр хъæды нæ бæхтæ бафснайдтам, афтæ. Доны фал- лаг фарсæй Нагим æрбахæццæ æмæ сæ акодта. Ергушов йæ сæр батылдта. — Мæнырдыгонау дæр дæоны бакуыстат! Бирæ уыдысты? — Цас фæнды уæнт, мæнæ ам сты сеппæт дæр, — загъта Лукашкæ, йæ дзыпп хойгæйæ. Зæронд ус уыцы сахат хæдзармæ æрбацыд. Лукаш- кæ йæ ныхас фæурæдта. — Баназ-ма! — фæхъæр кодта уый... — Æз дæр иухатт афтæ Гирчикимæ æнафоны араст дден...—байдыдта Ерошкæ. — Дæумæ чи хъусы, ныхасæн кæрон нæ кæныс, — загъта Лукашкæ. — Æз уал цæуын. — Хъалацы ма сæнæй чи аззад, уый анызта, йæ рон тынгдæр балвæс- та æмæ уынгмæ рацыд. 346
XXXVIII Дьгууæ изæры астæу уыдаид, Лукашкæ уынгмæ куы рацыд, уæд. Фæззыгон æхсæв уыд уазалгомау æмæ æнæдымгæ. Фæзæн йæ иу фарсæрдыгæй, хæрис бæлæсты аууонæй йæ был сдардта сызгъæринхуыз цæлхыдзаг мæй. Хæдзæртты ердотæй фæздæг цыд æмæ, ^мигъимæ æмхæццæ гæнгæйæ, хъæуыл æрбадт. Иугай хаздзæртты рудзгуытæй рухс цыд. Сæнары, цъæл сæнæфсиры æмæ мигъы тæфæй уæлдæф дзагуыд. Ны- хæсты уынæр, худьшьт хъæр, зарджытæ æмæ æхсы- нæнты къæрццытæ сæмхæццæ сты, фæлæ уæддæр бо- иæй ныр дзæбæхдæр хъуыстысты. Урс сæрбæттæнтæ æмæ уæлдзарм худтæ зындысты талынджы брутæ æмæ хæдзæртты цурæй дзыгуыртæ-дзыгуыртæй. Дуканийы гом дуары рухсмæ æтте лæгъзы, кæм урс, кæм сау сæхи дардтой хъазахъы æмæ чызджыты æмбырдтæ æмæ хъуыстысты сæ хъæрæй зарджытæ, сæ худын, сæ ныхæстæ. Чызджытæ кæрæдзийы къух- тыл ныххæцыдысты, зиллаккæй æрлæууыдысты æмæ рыгæйдзаг фæндагыл аив, ленкгæнæгау, симдтой. Чыз- джытæн сæ тæккæ къæсхуырдæр æмæ фыдуынддæр ныззарыд: Из-за лесику, лесу темного, Ай-да-люли! Из-за садику, саду зеленого Вот и шли-прошли два молодца, Два молодца, да оба холосты. Они шли-прошли да становилися, Они становилися, разбраннлися. Зæронд устытæ сæ цуры лæууыдысты æмæ зар- джытæм хъуыстой. Сьгвæллæттæ сæ алыфæрсты та- лынджы ратæх-батæх кодтой, кæрæдзи сургæйæ. Хъа- захъ сæ алфæмблай лæууыдысты æмæ чызджытимæ хъазæн ныхæстæ кодтой, кæнæ-иу сæ фæдих кодтой æмæ-иу семæ симыныл схæцыдысты. Дуарæн иуфар- сырдыгæй, фæсфæд ран лæууыдысты талынджы Бе- лецкий æмæ Оленин цухъаты æмæ уæлдзарм худты мидæг; сæхи нымæры сабыргай ныхас кодтой, хъаза- хъаг æвзагыл нæ, фæлæ сыгъдæг уырыссагау, æмæ æмбæрстой, рохуаты кæй не сты, фæлæ адæм сæ каст 347
уыдон кæй скодтой, уый. Фæрсæй-фæрстæм симдтой хъазты ставдгомау Устенькæ сырх куырæты мидæг æмæ бакаотджын, цæсты чи ахадьгд, уыцы Марьянæ ног хæдон æмæ куырæты мидæг. Оленин æмæ Белец- кий ныхас кодтой, цы’гъдауæй сæ рацæуын кæнæм чызджыты æхсæнæй Марьянæ æмæ Устенькæйы. Бе- лециий афтæ æнхъæл уыд, æмæ Оленин æрмæст йæхи аирхæфсынмæ хъавыд, уый цæмæй зыдта, Оленины зæрдæйы дæгъæл Марьянæйы къухы кæй уьгд æмæ уымæ æнхъæлмæ кæй каст, уый. Оленины фæндыд, тæккæ абон хъуыддаг исчердæм ныххицæн кæнын, фæндыд æй Марьянæйы хибарæй фенын, йæ зæрдæбы- ны ныхæстæ йын раиæнын кæрæй-кæронмæ æмæ дзы цæхкæр, бæлвырд, бæрæг дзуапп райсын: бакомдзæн ын æви нæ. Кæй йын нæ бакомдэæн, уыцы хъуыддаг сусæг нæ уыд рагæй нырмæ, фæлæ уæддæр æнхъæл уыд, йæ зæрдæйы дуар ын куы байгом кæна, уæд æй чызг бамбардзæн æмæ исты æрхъуыды кæедзæн. — Раздæр мын æй цæуылнæ бамбарын кодтай, —• дзырдта Белецкий, — æз дын дæ хъуыддаг Устенькæ- йыруаджы сарæзтаин. Куыддæр жнахуыр адæймагдæ! — Цы кæнон? Искуы дын сæ сæрæй бынмæ лæм- бынæг фæдзурдзынæн, даргъ æмгъуыд дын нæ кæнын, хæрз рæхджы. Ныр дæ уый курæг дæн æрмæст, æмæ Устенькæмæ цæмæй æрцæуа, уый мын сараз. — Хорз, уый æнцон у... Куыд кæсын, афтæмæй, урс лæппуйы хай кæндзынæ, Марьянæ. Цы зæгъыс? и? Лукашкæ ихы сæрыл куы нæ аззаид,—загъта Белец- кий, уæздандзинеды тыххæй фыццаг Марьянæмæ дзургæйæ, фæлæ дзуаппмæ нал фæлæууыд, афтæмæй Уотенькæмæ бацыд æмæ дзы курьгн байдыдта, йемæ Марьянæйы цæмæй рахуыдтаид, уый. Белецкий йæны- хас кæронмæ нæма ахæццæ кодта, афтæ амонæг æн- дæр зарæг байдыдта, æмæ чызджытæ кæрæдзийыл ахæцыдысты. Уыдон зарыдысты: Как за садом, за садом Ходил, гулял молодец Вдоль улицы в конец. Он во первый раз иде, Машет правою рукой, Во другой он раз иде, 348
Машет шляпой пуховон, А во третий раз иде, Останавливатся, Останавливатся, переправливатся. Лукашкæ Назаркæимæ симд-хъазт арæмыгътой æмæ йæ фæдих кодтой, сæхæдæг чызджыты æхсæнты араст сты. Лукашкæ цъæхснаг хъæлæсæй зарыд, æмæ йæ къухтæ тилгæ, астæуæй рацу-бацу кодта. — Цæй- ма, исчи уæ рацæуæд! — бахъæр кодта чызджытæм Лукашкæ. Чызджытæ Марьянæйы схойын байдыдтой: уый сын нæ куымдта. Зарджыты æхсæнæй хъуыст лы- стæг худт, цæфы къæрццытæ, батæ, сусæг ныхæстæ. Лукашкæ Оленины цурты куы фæцæйцыд, уæд ын зæрдæлхæнæн куывд акодта йæ сæрæй. — Дмитрий Андреич, ды дæр бакæсынмæ æрба- цыдтæ, сæрæй? — загъта йын Лукашкæ. — О, — цæхкæр, ныфсхаст, уазал дзуапп ын радта Оленин. Белецкий æргуыбыр кодта æмæ Устенькæйæн йæ хъусы цыдйэр адзырдта. Чызг ын фазстæмæ дзуапп раттинаг уыд, фæлæ йæ къухы нал бафтыд æмæ дык- каг зылд куы æркодта, уæд ьгн загъта: — Хорз, æрцæудзыстæм. — Марьянæ дæр? Оленин Марьянæйы хъусмæ йæхи æргуыбыр код- та. — Æрбацæудзынæ? Дæ хорз фыды стæн, иу минут уæддæр, æнæ æрбацæугæ ма фæу. Æхсызгон ныхас мæ ис демæ. — Кæд чызджытæ цæуой, уæд æз дæр бацæу- дзынæн. — Цы дæ куырдтон, уымæн мын дзуапп раттдзы- нæ? — афарста та й,æ Оленин æмæ йæм ноджыдæр хæстæгдæр йæхи æргуыбыр кодта. — Абон днссаджы хъæлдзæг дæ! Чызг оимгæ-оимын адард. Оленин йæ фæдыл ацыд. — Зæгъдзынæ мын? — Цы дын хъуамæ зæгъон? мæнæ мæ куьтд бай- яардта! — Æртæ боны раздæр дæ цæмæй фарстон, уый, — 349
загъта Оленин, æм.æ йын йæ хъусы бадзырдта. — Ба- комдзынæ мын? Марьянæ хъуыдыйыл фæци. — Зæгъдзынæн, — загъта чызг. — Тæккæ абон дын зæгъдзынæн. Æмæ талынджы чызджы цæстытæ хъæлдзæг рæв- даугæ æрттывд фæкодтой лæппу-лæгмæ. Оленин чызджы йæхицæй цух нæ уагъта, йæ фæ- дыл цыд. Цас хæстæгдæр æм лæууыд, уыйас йæ зæр- дæйæе æхсызгондæр уыд. Лукашкæ зарыд æмæ уыцы заргæ-зарын Марьянæ- йы къухыл фæхæцыд, фесхуыста йæ æмæ йæ хъазты астæу алæууын кодта. Оленин ын æрмæст ма уый ба- фæрæзта зæгъын: «Устенькæмæ æнæ æрбацæугæ ма фæу»,—.æмæ фæстæмæ йе’мбалмæ аздæхт. Зарæг фæ- ци. Лукашкæ йæ былтæ асæрфта, Марьянæ дæр афтæ æм.æ кæрæдзийæн аба кодтой. «Нæ, фондз хаттæй къаддæр та куыд! Иу æлгъыст у», — дзырдта Лукаш- кæ. Аив симд æмæ зарды фæстæ бæстæ ныхас, худт æмæ змæлд сси. Лукашкæ цыма тынг расыг уыд, аф- тæ зынд æмæ чызджытæн адджинæгтæ уарын бай- дыдта. — Уеппæтæн лæвар юæнын, — дзырдта Лукашкæ, худæджы онг йæхи сæрыстыр гæнгæйæ, йæхицæй ра- зыйæ æмæ йæхи мæлæты лæгæй æвдисгæйæ. — Сал- дгеттимæ лымæн чи кæны, уыдон ардыгæй хъазтæй атте уæнт, — бафтыдта ма уый æмæ æваст Оленинмæ мæстыйæ, тарæрфыгæй бакаст. Чызджытæ йын й,æ адджинæгтæ скъæфтой æмæ сæ кæрæдзийæ, худæгæй мæллæйæ, тыххæй истой. Белец- кий æмæ Оленин иуварс сæхи айстой. Лукашкæ цьима йæ рæдаудзинадæй æфоæрмы код- та, уыйау уыд, йæ худ систа æмæ, йæ цухъайы дысæй йæ ных сæрфгæйæ, Марьянæ æмæ Устенькæмæ бацыд. — Æви ды, мæ хуры хай, мæнæй дæ сины сæрыл хæцыс? — сфæзмыдта Лукашкæ, ныртæккæ зарæджы цы ныхæстæ кодтой, уыдон, стæй Марьянæмæ баз- дæхт, — мæ ныфсæй дæхи хъал кæныс? — загъта та уый дыккаг хатт мæсты хуызæй. — Моймæ куы ацæ- уай, уæд æнæ маст нæ уыдзынæ, бирæ цæсты сыг фæ~ 350
калдзынæ, — бафтыдта уый йæ ныхæстыл, Устенькæ æмæ Марьянæйы йæ хъæбысы кæнгæйæ. Устенькæ йæхи атыдта æмæ Лукашкæйæн йæ фæ- сонтæн иу хафт ахæм нылласта, æмæ йæ къух дæр ма фæрыст. — Цы фæнд уæм ис, хъаздзыстут ма дарддæр? — афарста оæ Лукашкæ. — Чызджыты куыд фæнда, афтæ,—радта йын дзуапп Устенькæ. — Æз нæхимæ цæуын, Марьянæ дæр махмæ цæуинаг уыд. Хъазахъаг Марьянæйы, хъæбыетæ гæнгæйæ, æттæ- мæ-æттæмæ хибармæ фисыны аууонмæ асайдта. — Ма ацу, Машенькæ, — загъта лæппу, — фæстаг хатт ма нæхи аирхæфсæм, кæрæдзийыл бацин кæнæм. Уæхимæ ацу фæлтау, æз дæр дæм зындзынæн. — Цы ми дзы кæнын уæд нæхимæ? Бæрæгбон хъа- зын æмæ хъæлдзæгдзинады тыххæй у. Устенькæмæ цæуын, — загъта Марьянæ. — Цыфæндытæ кæнай, дæ гæндзæхтæ куы ацæгъ- дай, уæддæр дæ кургæ кæндзынæн. — Хорз, хорз,—загъта Марьянæ.— Уый бæрæг уыдзæн, фендзыстæм. — Уæдæ цæуыс? — карзæй загъта Лукашкæ æмæ йæ хъæбысмæ æлваогæйæ чызгæн йæ уадулæн аба кодта. — Стæ-ма, дæ хорзæхæй! Ныр мыл цы ныичъи дæ, цы мæ баййардтай? — Марьянæ йæхи атыдта æмæ æт- тæдæр алæууыд. — Ей, чьгзг, цыдæр дæм кæсы, хуыздæр дын куы нæ уа!..— Уайдзæфгæнæгау ын загъта Лукашкæ, йæ сæр тилгæйæ, уыцы лæугæ-лæууын. — Мæнæй æнæ маст нæ уыдзынæ, — йæхæдæг цæхкæр фæзылд, æмæ чызджытыл фæхъæр кодта, — цæй-ма, цы уыл æрцыд, ахъазут-ма! Лукашкæйы ныхасмæ, Марьянкæ цыма мæсты дæр раци æмæ тæрсгæ дæр фæкодта, уыйау фæци æмæ фæстæмæ фæзылд. — Цæмæй мын уыдзæн фыддæр? — Уымæй. — Уæддæр? — Уымæн æмæ уæ фатеры цæрæг салдатимæ лы- 351
мæн кæныс, æмæ уый тыххæй мæн дæр нал уарзыс, дæ зæрдæ мыл аивтай. — Бафæндыд мæ æмæ нал уарзын. Мæ бар мæхи нæу? Ды мæ мад, мæ фыд куы нæ дæ. Цы дæ хъæуы? Кæй мæ бафæнда, уый бауарздзынæн. — Афтæ, афтæ, —загъта Лукашкæ.—Дæ зæрдыл- иу æй бадар! — Лукашкæ дуканийы ’рдæм бацыд. — Чызджытæ! — фæхъæр кодта уый, — цьг слæууыдыс- тут? Ахъазут-ма ноджыдæр. Назаркæ! Згъоргæ æмæ сæн рахæсс. — Цы зæгъыс, æрбацæудзысты æви нæ? — афарс- та Оленин Белецкийы. — Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы,—дзуапп ын рад- та Белецкий. — Цом, хъазт-изæр бацæттæ кæнын хъæуы. XXXIX Æхсæвыгон æнафоны Оленин рацыд Белецкийы фатерæй Марьянæ æмæ Устенькæйы фæдыл. Чызджы кæлмæрзæн урс дардта талынг уьгнджы. Мæй, сыз- гъæрин хуызы мидæг йæхи æруагъта быдыры’рдæм. Æвзистхуыз æврагъ хъæуыл æрбадт. Бæстæ æрсабыр, иу сыбыртт никæцæй хъуыст, рухс дæр никæцæй уал зынд, æрмæст ма хъуыст разæй чызджыты къæхты хъæр. Оленины зæрдæ уæрыккау кафыд. Цæсгом сыгъд, æмæ йын уымæл уæлдæфы сæмбæлд æхсызгон уыд. Оленин арвмæ скаст; фæкаст фæстæмæ, цы хæдзарæй рацыд, уырдæм: цырагъ ахуыссыд. йæ разæй чи цыд, уыцы сылгоймæгты сау æндæргмæ кæсын байдыдта. Урс кæлмæрзæн мигъы аууон фæци. Зыбыты иунæг кæй уыд, уый йæм тæссаг ,æмæ зын каст. Иттæг амонд- джын уыд ацы сахат. Оленин асины сæрæй рагæпп ласта æмæ чызджыты фæдыл азгъордта. — Ныр кæцæй фæдæ? Исчи нæ фендзæн, — загъта Устенькæ. — Ницы кæны! Оленин Марьянæмæ базгъордта æмæ йæ йæ хъæ- бысы акодта. Марьянæ: йæ йæхицæй нæ асхуыста. — Æппын нæма бафсæстыстут батæй, — загъта 352
Усгенькæ. — Куы йæ ракурай, уæд-иу батæ кæн, ныр уал дæхиуыл фæхæц. — Хæрзæхсæв у, Марьянæ, тæккæ райсом дæ фыд- мæ бацæудзынæн æмæ йын мæхæдæг маахи дзыхæй радзурдзынæн. Ды мацы ской юæн. — Мæн та цы дзурыны мæт ис!—радта йындзуапп Марьянæ. Дыууæ чызджы азгъордтой. Оленин иунæгæй араст æмæ а-изæр цыдæриддæр -æрцыд, уыдон мысын бай- дыдта. Уый æнæхъæн изæр Марьянæимæ сæ дыууæ хибарæй пецы фæстæ къуымы фæбадтысты. Устенькæ иу минут дæр уатæй æттæмæ нæ рацыд: иннæ чыз- джытимæ æмæ Белецкийимæ цыдæртæ архайдта. Оле- нин Марьянæимæ сусæгæй ныхæстæ кодтой сажи мидæг. — Бакомдзынæ мын? — фарста уый чызджы. — Фæсайдзынæ мæ, нæ мæ ракурдзынæ, — фæстæ- мæ йын хъæлдзæгæй, зæрдæнцой дзуапп лæвæрд- та чызг. — Дæ мад дæ фьгдыстæн, раст мын зæгъ: уарзгæ мæ кæныс, уарзгæ? — Цæй тыххæй дæ хъуамæ ма уарзон, хъæрæу, мийаг, куы нæ дæ,—загъта Марьянæ худгæйææмæ йæ дæрзæг къухтæй Оленины буц къухтæ æлхъив- гæйæ. — Цы урс-урсид къухтæ дын ис, фæлмæн, хъай- магъы хуызæн,—загъта чызг. — Хъазын æнхъæл мын ма у. Зæгъ-ма мын бæрæг, бакомдзынæ мын æви нæ? — Цæй тыххæй дын хъуамæ ма бакомон, мæ фыд мæ куы дæтта, уæд. — Куы мæ фæсайай, уæд кæй сæрра уыдзынæн, уый дын зæгъын æмæ дæ уый рох ма уæд. Райсом мæхæдæг м.æхи дзыхæй дæ мад æмæ дæ фыдæн радзурдзынæн, усгур бацæудзынæн. Марьянæйæн худæгæй ницыуал уыд. — Цы дыл æрцыд? — Ницы, афтæ худæг мæм кæсы. — Me ’цæгæй дын зæгъын! Æз ам балхæндзынæн цæхæрадон, хæдзар, мæхи хъазахъыл ныффысдзынæн... — Æрмæст-иу уæд æндæр устыты ма уарз, кæннод 23 Л. Н. Толстой. 353
мын цы’нхъæл дæ! Ахæм митæн барон вæ дæн, — на- лат дæн. Уыцы ныхæстæ-иу Оленин тыыг азхсызгонæй мы- сыд æмæ сæ-иу хи нымæры арæх дзырдта. Куы-иу æй æрхъуыды кодта, уæд-иу йæ зæрдæ срыст, кæнæ-иу фыр цинæй цы ракодтаид, уымæн-иу ницы уал зыдта, афтæ амондджын каст йæхимæ. Йæ зæрдæ уымæн рыст, æмæ чызг, кæддæриддæр куыд дардта йæхи, аф- тæ уыд ныр дæр, цыма йын хъаджыдæр нæу æмæ йын йæ хъуыддаг ницæмæ дары, уый хуызæн. Кæй йæ куырдта, уый йæ цæсгомыл ницæмæй фæбæрæг, цыма йæ хæстæг йæ зæрдæмæ нæ хаста, нæ йыл баууæн- дыд æмæ фæстаг боны цард йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, уый хуызæн. Афтæ дæр ма йæм зынд, цыма йæ чызг æрмæст ацы сахат уарзы, фæлæ амæй фæстæмæ, искуы бон, цыма цард æмæ амонд се’хсæн нæ уыдзæн, уый хуызæн. Амондджын та уымæн хуыдта йæхи, æмæ йæм афтæ каст, цыма чызджы ныхæстæ иууылдæр æцæг уыдысты, зæрдиагæй сæ дзырдта æмæ разы уыд уымæн бакомыныл. «Афтæ у,—зæгъгæ, дзырдта йæ- хæдæг йæхицæн Оленин.—Æрмæст уæд бамбардзыс- тæм кæрæдзи, æмæ мæ къухмæ куы ’рбахауа, оæрма- гонд мæн куы бауа, уæд. Ахæм уарзондзинадæн дзыхы ныхæстæ ницы сты, фæлæ йæ хъæуы цард; æрмæст царды мидæг ын ис равдисæн. Райсом бон хъуыддаг рабæрæг, раргом уыдзæн. Дарддæр афтæ цæрын мæ бон нал у. Райсом мæ ныхæстæ сæры-суанг ракæндзы- нæн йæ фыдæн, Белецкийæн æмæ æппæт адæмæн... Лукашкæ дыууæ æхоæвы фæд-фæдыл æнæ хуыссæг баййæфта, стæй афтæ бирæ банызта, æмæ йæ йæ къæхтæ нал хастой, æмæ Ямкæмæ бафынæй. XL Дьгккаг бон Оленин йæ ахуыр æгъдауæй раздæр райхъал æмæ куыддæр йæ цæстытæй ракаст, афтæ хъуыдыйыл фæци, цы йæ бакæнын хъæуы, ууыл; стæй цингæнгæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты чызджы ба- тæ, йæ дæрзæг къухты æууæрст æмæ йæ ныхæстæ: «Цы урс-урсид къухтæ дын ис!» Йæ хуыссæны фæ- 354
гæпп ласта æмæ уыцы сахат æнæ бафæстиатæй хæ- дзары хицæуттæм цæуынвæнд скодта Марьянæмæ ми- нæвар скæныны тыххæй. Хур нæма скаст. Оленинмæ афтæ фæкаст, цыма уынджы стыр змæлд ис, уыйау: фистæг æмæ бæхджын адæм рауай-бауай кодтой, ны- хæстæ гæнгæйæ. Оленин йæ цухъа уæгъд конд акодта æмæ æттæмæ дуармæ рауад. Хæдзары хицæуттæ нæма сыстадысты. Фондз хъазахъаджы бæхтыл фæцæйцы- дысты æмæ цæйдæр тыххæй хъæрæй ныхæстæ кодтой. Сеппæты разæй цыд йæ бæзджын кæсгон бæхыл Лу- кашкæ. Хъазахъ æмхуызонæй дзырдтой, хъæр кодтой; сæ ныхæстæн бамбарæн нæ уыд. — Уæллаг постмæ-иу рацу! — хъæр кодта иу. — Дæ бæхыл саргъ æвæргæ, æмæ нæ-иу тагъд- дæр раййаф, — дзырдта иннæ. — Уыцы кулдуарыл хæстæгдæр уыдзæн. — Дзæгъæл ныхас ницæмæн у,—хъæр кодта Лу- кашкæ, — астæуккаг кулдуарыл цæуын хъæуы... — Бæгуыдæр, хæстæгдæр у ууылты, — дзырдта иу рыгæйдзаг хъазахъаг, хидæйдзаг бæхыл. Лукашкæйы цæсгом сырх-сырхид æмæ рæсыд уыд зноны нозтæй; йæ худ йæ къæбутыл конд. Уый барджын хъæр код- та, цыма хицау уыд, уый хуызæн. — Цы хабар у? Кæдæм? — афарста Оленин æмæ хъæппæрисæгæй хъазахъы йæхимæ æркæсын кодта. — Абырджытæ ахсынмæ цæуæм, уæртæ змис арыхъыты бабадтысты. Ныртæккæ раст кæнæм, фæлæ адæм нæй. Æмæ хъазахъ, уыцы дзолгъо-молгъо гæнгæйæ, дарддæр уынджы дæлæмæ аивгъуыдтой. Оленин ахъуыды кодта, куы нæ ацæуон, уæд аив нæ уыдзæн, стæй ма йæ уыцы зæрдæ дæр фæсайдта, фæстæмæ тагъд æрбаздæхдзынæн, зæгъгæ. йæ дзауматæ йæ уæ- лæ акодта æмæ йæ топп нæмыгæй аифтыгъта. Ваню- шæ йын куыддæртæй тагъд-тагъд йæ бæхыл саргъ авæрдта. Оленин бæхыл йæхи уыцы-иу æппæрст ба- кодта æмæ хъазахъы раст хъæуæн йæ тæккæ рацæуæ- ны баййæфта. Хъазахъ уыцы ран рафистæг сты бæх- тæй, зиллаккæй æрлæууыдысты æмæ боцкъайæ хъæ- дын къусмæ сæн уагътой, æмæ, кæрæдзимæ сидгæйæ, сæ фæндаджы тыххæй куывтой. Се ’хсæн уыд уыцы 355
хъал лæппу афицер, хæрунжий. Æнæнхъæлгæйæ, куыддæр мæрдтагæй, хъæумæ æрбафтыд æмæ, чи æрæмбырд, уыцы фараст хъазахъагæн йæхимæ уынаф- фæтæ æмæ хицауад кæнын райста. Чи æрæмбырд, уы- дон сеппæт дæр уыдысты хуымæтæджы хъазахъæгтæ æмæ, кæд хæрунжий йæхи хицауы дард кодта, уæддæр хъусгæ æрмæст Лукашкæмæ кодтой. Оленин, гуырд у, нæу, хъуыды дæр æй ничи кодта, мæгуыр. Хъазахъ сæ бæхтыл куы сбадтысты æмæ куы араст сты, уæд Оленин йæхи Хæрунжиймæ хæстæгдæр баласта хъуыд- даджы хабар бамбарыны тыххæй. Хæрупжий кæддæ- риддæр лæгъз дзыхы уагæй дзырдта, фæлæ ацы хатт, табу йе стырдзинадæн, Оленинмæ хицауы цæстæй ра- каст. Тыхæмхаюæнтæй Оленин æрæджиау хабар бам- бæрста. Уый агъоммæ, абырджыты фæдыл цы къорд хъазахъаджы ацыд скарæг, уыдон абырджыты бай- йæфтой, хъæуæй иу аст версты бæрц куы ауадысты, уæд, змисджын арыхъыты. Абырджытæ уым æрфидар сты дзыхъы мидæг; уырдыгæй æхстой æмæ æрдхъирæн кодтой æнæ амæлгæ, удæгасæй сæхи кæй вæ раттдзы- сты, уый. Скарджытæн семæ цы урядник уыд, уый дыууæ хъазахъагимæ уьш баззад абырджыты хъахъæ- ныны тыххæй, иу хъазахъаджы та хъæумæ фæдисы рарвыста, «æххуыс курынмæ. Хур æрмæст ныртæккæ байдыдта йæхи уæлæмæ исын. Хъæуæй æртæ версты дарддæр алырдыгæй рар- гом быдыр, æмæ æрмæст уыцы æмхуызон, æнкъард, зæрдæуынгæггæнæн, хус, лæгъз быдыры йеттæмæ цæст ницæуыл хæцыд. Быдыры зьтнд хъомвосы фæд, фæл- вых, æрдæгхус зайæгой иугай рæтты, ныллæг хъамыл тæрфыты, искуы-иу ран æвæрд къахвæндæгтæ æмæ ца&ст чысыл кæй ахста, ахæм ногъиаг цатыртæ, кæм- дæр дард, арвы кæронмæ æввахс. Цæсты тынг цы аха- дыд, уый аууон, сатæг ран хæснагыл дæр не ссардæ- уыдаид, иудадзыгдæр уыцы зæрдæмæгуыргæнæн, æн- тъыснæг, карз бæсты уаг. Быдыры хур скæсын æмæ хурныгуылын афон, кæддæриддæр вæййы сæуæхсид. Уад бон уæлдæф змисæй байдзаг вæййы. Сабыр, æнæ- дымгæ бон та афтæ æнцад, афтæ æдзæм вæййьт, æмæ диссаг, — иу сыбыртт, иу уынæр никæцæй фехъуыс- дзæн. Ацы райсом дæр раст афтæ уыд быдыры, — кæд 356
хур уæлиау ссыд, уæддæр бæстыл фæлм бадт. Бæстæ уыд æдзæрæг æмæ фæлмас. Уæлдæф æппындæр не змæлыд. Æрмæст ма хъуыст бæхты къæхты фæлмæн хъæр æмæ сæ фыррыччытæ. Хъазахъ фылдæр цыдысты æнæдзургæйæ. Хъазахъаг йæ гæрзтæ кæддæриддæр рæвдз, ифтонг дардта, зæланг æмæ дзыгъал-мыгъул куыннæ кодтаиккой, афтæ. Стыр худинаг уыд, гæрзтæ æнгом, æнæзмæлгæйæ дарын чи нæ зыдта, уьгмæн. Фæндагыл сæ фæсте дыууæ хъазахъаджы æрбаййæф- той æмæ дыууæ-æртæ ныхасы кæрæдзимæ скодтой. Лукашкæйы бьгп бæх йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ йæ цыд фæцырддæр кодта. Уый хъазахъмæ æв- зæр нысаныл нымад у, уæлдайдæр ныртæккæйы сахат сæ фæндагæн. Хъæахъ фæстæмæ фæкастысты, æмæ уайтагъд фæзылдысты, цыма йæ ницæмæ æрдардтой, уый хуьгзæн. Лукашкæ бэехы рохтæ æрбамбырдтæ код- га, æрфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ ехс дард фæхаста. Заманай кæсгон бæх æвиппайды скафыд, цыма йæ кæ- цы къахыл æрлæууын хъуыд, уый нал зыдта æмæ цы- ма маргъау йæ базыртыл йæхи уæлæмæ, хæрдмæ ск сынмæ хъавыд, уыйау. Лукашкæ йын ехсæй иу дзæхст нылласта, дыккаг, æртыккаг; кæсгон бæх йæ дымæг фелхъывта æмæ, фыррыччытæ гæнгæ, йæ фæстæгтыл сиафыд æмæ иу дзæвгар иннæ барджытæй араздæр. — Бæхæй йæм дау нæй, æвæдза!—загъта хæ- рунжий. — Бæх нæ, фæлæ домбай у, — загъта хисдæр хъа- захъæй иу. Хъазахъ цьгдысты æнæдзургæйæ, кæм сау цыдæй, кæм та сæпп-сæппæй, æмæ æрмæст иунæг уыцы хъуыд- даг сын хæлдта иу чысыл сæ кадджын цыды æгъдау æмæ сæ æдзæмдзинад. Æнæхъæн быдыры, аст версты фæндагыл, зыбы- ты иунæг змæлæг федтой, уый уыд ногъайаг уæрдон, йæ уæлæ цатыр æвæрд, афтæмæй сындæггай лæсти иу верст дарддæр хъазахъæй. Уæрдоны хицау, ногъайаг нæ бынат ивта æмæ йæ бинонтимæ иу ранæй иннæ ранмæ цыд. Ноджы ма сæмбæлдысты дыууæ фæтæнуа- дулджын ногъайаг усыл, бызгъуырты мидæг, тæсчъытæ се’ккой, афтæмæй сæнæрттæ æмбырд кодтой иу лæн- чы мидæг. Афицер хъуымыхъагау дзæбæх нæ зыдта 357
æмæ æрдæгдзæфтæй устытимæ дзырдта, цæйдæр тых- хæй сæ рафæрс-бафæрс кодта. Устытæ йын йæ ныхæс- тæ не ’мбæротой, æдас дæр дзы нæ уыдысты æмæ кæ- рæдзимæ, катайтæ гæнгæ, ракæс-бакæс кодтой. Лукашкæ сæм хæстæг бацыд бæхыл, сæ цуры æр- лæууыд æмæ сын, æгъдаумæ гæсгæ, салам радта. Устытæ бацин кодтой æмæ йемæ æдæрсгæйæ, хицон æгъдауыл ныхас кæнын байдыдтой, цыма Лукашкæ- йæн йæ хотæ уыдысты, уый хуызæн. — Ай, ай, коп абрек! —дзырдтой устытæ, оæ сæр- тæ тилгæйæ æмæ сæ къухтæ сæ былтыл даргæйæ, æмæ хъазахъ се ’ргом кæдæм дардтай, уыцырдæм къухæй амыдтой. Оленин бамбæрста, цы дзырдтой, уьгй: «Бирæ абырджытæ». Ахæм хъуыддæгты Оленин никуы мафæци, æрмæст сæ зонгæ кодта, Ерошкæйы ныхæстæм гæсгæ, æмæуый адыл, мæхи дыууæ цæстæй сæ фенон, зæгъгæ, йæхи хъазахъæй цух нæ уагъта. Хъазахъмæ кæсынæй не ’фсæст, лыстæг каст алцæмæ дæр æмæ зæрдиагæй хъуыста алы ныхасмæ, алы хъуыддагмæ хъуыды гæн- лæйæ. Кард æмæ йæм топп уыд, фæлæ куы бафип- пайдта, хъазахъ дзы сæхи ласынц, уæд бауынаффæ кодта, семæ хъуыддаджы нæ бацæуын, уымæн æмæ, уыйрдыгонау, йæ хъæбатырдзинад гуырысхойаг иæ уыд, равдыста йæхи хæсты мидæг, стæй ма уымæн æмæ ацы оахат стыр амондджын уыд. Æвиппайды дардæй топпы гæрах фæцыд. Хæрунжийæн йæ быны дон бацыд æмæ хъазахъæн уынаффæ кæнын байдыдта: куыд оæ æрлæууын хъæуы къордгæйттæй, стæй сæ чердыгæй бацæуын хъæуьт. Фæлæ йæ хъазахъ хъуыды дæрнæкодтой; æрмæстЛу- кашкæмæ хъуыстой æмæ сын уый цы дзырдта, уьш кодтой. Лукашкæйы цæсгом æмæ фæлгонц æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ цы хъуыддаджы мидæг уыд, уый йæ цæсты цытджын, кадджын кæй уыд, уый. йæ кæсгоны сау цыдæй ауагъта æм.æ цъынддзастæй размæ æнувыдæй каст, иннæ хъазахъ йæ фæдыл уадысты еæпп-сæгтп-æй. — Уæртæ иу бæхджын æрбацæуы, — загъта Лу- кашкæ, йæ бæхыл фæстæмæ хæцгæйæ æмæ иннæты æмрæнхъ æрлæууыд. Уалынджы дыууæ барæджы дзæ- 358
бæх зынын байдыдтой æмæ сæм хъазахъ комкоммæ сæ ных радтой. — Уыдон абырджытæ сты? — афарста Оленин. Хъазахъ ын фæстæмæ дзуапп нæ радтой, уымæн æмæ сæм йæ ныхас тынг æдылы фæкаст. Абырджытæ æнæзонд уыдаиккой, донæн ацы фарсмæ бæхтыл куы рахызтаиккой, уæд. — Далæ нæм йæ къух тилы. Родькæйы хуызæн цьима у,—загъта Лукашкæ æмæ йæ къухæй ацамыд- та, ныр бæрæг чи зынд, уыцы дыууæ барæджы ’рдæм. — Уæртæ махырдæм æрбацæуы. Æмæ æцæг, иу къорд минуты фæстæ рабæрæг, уы- цы дыууæ барæджы сæхи скарджытæ кæй уыдысты, уый, æмæ урядник Лукашкæмæ йæ бæх фездæхта. XLI — Дард сты? — афарста Лукашкæ. Уыцьг сахат фехъуыст хæстæгæй топпы цыбыр хъæр. Урядник йæ мидбылты зына-нæзына бахудт. — Нæхи Гуркæ сыл æндзары, — за’гъта урядник, йæ сæрæй, топпы хъæр кæцæй ф-æцыд, уыцырдæм амонгæйæ. Иу чысыл ма куы ауадысты, уæд Гуркæйы змис-обауы фæстæ, топп ифтындзгæ ауыдтой. Абыр- джытæ æттæдæр, æндæр обауы фæстæ бадтысты, Гур- кæ сæ, дзæгъæл бадты бæсты, гæрæхтæ кодта. Уыдон дæр æхстой æмæ иу нæмыг уыцырдыгæй, цъых-цъых- гæнгæ, æрбафардæг. Хæрунжийæн йæ хуыз фæцыд, туджы æртах дзы, кæй фæзагъдæуы, нал баззад, æмæ дзæбæх нал арæхст. Лукашкæ йæ бæхæй рафистæг, хъазахъмæ йæ авæрдта æмæ Гуркæйы ’рдæм араст. Оленин дæр аф- тæ бакодта æмæ йæ фæдыл ацыд. Æхсгæ чи кодта, уыцы хъазахъагмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ сæ тæккæ оæрты дыууæ нæмыджы сыффытт фæцыд. Лу- кашкæ, худгæйæ, фæстæмæ Оленинмæ фæкаст æм.е йæхи фæгуыбыр кодта. — Фыдбылызау дæ, мийаг, куы амарой, цы нææр- цæуы, фæлтау дæхи куы айсис, уæд хуыздæр уаид. Ай дæ хъуыддаг нæу. 359
Фæлæ Оленины тынг фæндыд абырджыты фенын. Къуыппы аууон ауыдта худтæ æмæ топпы дзыхтæ. Дыууæты ’хсæн уыдаид дыууæ фондзыссæдз сардзи- ны бæрц. Æвиппайды фæздæджы цъупп фæзынд æмæ та нæмыджы цъыгъгъуытт фæцыд. Абырджытæ къуып- пы фæсдзæгат цъымарайы мидæг бадтысты. Абыр- джыты бадæн Оленинмæ стыр диссаг фæкаст. Уыцы бынатæй æмæ æнæхъæн быдырæй ницы уæлдай, ницы хъаджыдæр уыд, фæлæ дзы абырджытæ кæй бадты- сты, уый тыххæй цыма æндæрхуызон, æндæр цыдæр уыд, уыйау æм зынд. Афтæ дæр ма йæм фæкаст, цы- ма. уыцы ран сæр-магонд абырджыты бадæнæн арæзт уыд, уый хуызæн. Лукашкæ йæ бæхмæ раздæхт, æмæ Оленин дæр йæ фæдыл рацыд. — Уыцы хосы уæрдон ардæм æрбатæрын хъæуы, кæннод нæм цыдæр кæсы, — фæцæгъддзысты нæ, — загъта Лукашкæ. — Уæртæ уыныс, къуыппы фæстæ ногъайаджы хосы уæрдон лæууы. Хæрунжий йæм дзæбæх байхъуыста, урядник дæр сразы йæ ныхæстыл. Хосы уæрдон æрбахæццæ кодтой æмæ хъазахъ уæрдон размæ тулын байдыдтой, сæхæ- дæг фæсте йæ аууон лæууыдысты. Оленин къуыппмæ схызт; уырдылæй алцыдæр зынд. Хосы уæрдон размæ цыд, хъазахъ фæсте хосмæ æнгам лæууыдысты. Цæ- цæн уыдыагы фараст лæджы æмæ фæрсæй-фæрстæм бадтысты сæ топпытæ фехсын æввонгæй, фæлæ æхсгæ нæма кодтой. Бæстæ æнцад, æдзæм уыд. Æваст, цæцæн кæм бад- тысты, уыцырдыгæй фехъуыст, хъарæггæнæгау зарæг, Ерошкæйы «ай дæ-ла-лай» зарæджы хуызæн. Цæцæн бамбæрстой, ацæуæн сын кæй нал ис, уый, æмæ, ли- дзынмæ цæмæй ма фæуой, уый тыххæй гæрзæй сæ уæрджытæ кæрæдзимæ бабастой, сæ топпытæ срæвдз кодтой æмæ мæлæты агъоммæ цы зарæг æмбæлы, уы- цы зарæг ныккодтой. Хъазахъ хосы уæрдонимæ хæстæгæй-хæстæгдæр цыдыстьг. Оленин æнхъæл уыд, ныртæккæ хæст самай- дзысты, зæгъгæ. Фæлæ бæсты æдзæмдзинад хæлдта æрмæст зæрдæ мæгуыргæнæн зарæг. Æвиппайды зард (})æхъус, топпы цыбыр хъæр фехъуыст, уæрдоны фар- сыл нæмыджы къæрцц фæцыд æмæ хъуысын байдыд- 560
та цæцæны æлгъыст æмæ сонт хъæртæ. Æхст æхсты æййæфта, нæмгуытæ фæд-фæдыл уæрдоны фарсыл æмбæлдысты. Хъазахъ æхсгæ нæ кодтой, фæлæ цæцæ- ны бадæнтæм баввахс сты — се ’хсæн фондз къах- дзæфæй фылдæр нал уыд. Иу æрхъæц ма рацыдаид, афтæ хъазахъ дыууæр- дыгæй уæрдоны ф-æсте хъæргæнгæйæ рагæппытæ ла- стой. Лукашкæ сæ тæккæ разæй уыд. Оленин ма фе- хъуыста æрмæст иу къорд гæрахы, хъæр æмæ хъæрзын. Афтæ йæм фæзынд, цыма топпыхосы фæздæг æмæ туг дæр ауыдта, уый хуызæн. Иæ бæх уыцы хуызæнæй фæ. уагъта æмæ йæхи дæр нал базыдта, афтæмæй хъаза- хъы ’рдæм азгъордта. Йæ зæрдæ бадзой-дзой кодта æмæ цæстытæ батар сты. Ницыуал раиртæста, фæлæ’ бамбæрста, хъуыддаг кæй ахицæн, уый. Лукашкæ ныффæлурс, кæрдæйнаг хæцъилы хуызæн, афтæмæй цæф цæцæйнаджы къухтыл хæцыд æмæ хъæр кодта: «Ма йæ ныццæв! Удæгасæй йæ аюæндзьгиæн!» Уый уыд, цы цæцæйнаджы амардта, уымæн йæ хæд æфсы- м-æр, мард ласынмæ чи ’рцыд. Лукашкæ йын йæ (къух- тæ здыхта. Æвнппайды цæцæйнаг йæхи атыдта азмæ йыл дамбаца ныххуырста. Лукашкæ ахауд. йæ гуыбы- нæй туг цыд. Лукашкæ фестад æмæ та фæстæмæ æр- хаУД, уырыосагау æмæ тæтæйрагау æлгъитгæйæ. йæ- хиуыл дæр æмæ йæ быны дæр туг фылдæрæй-фылдæр кодта. Хъазахъ æм бауадысты æмæ йын йæ рон ха- лын байдыдтой. Назаркæ йæм, мæгуыр, фæкæсын- мæ хъавыд, фæлæ й,æ кард йæ кæрддзæмы нытътъыс- сынæн ницыуал амал ардта, галиуырдæм ын-иу фæ- ци. Карды ком уыд тулæй дзаг. — Цæцæйнæгтæ сæ сырх æлвыд рихитимæ мæрд- тæй æмæ къуыхтæй лæууыдысты. Æрмæст ма Лукаш- кæйы чи фехста, уыцы зонгæ цæцæйнаг цæфтæ æмæ удæгас уыд. Уый, цæф хъæрццыгъайы хуызæн, тугæй- дзагæй, (йæ рахиз цæсты бынæй туг цыд) йе ’фсæртæ æлвасгæйæ, фæлуроæй, æнтъыснæгæй дзуццæджы бадт æмæ йæ алфæмблай йе стыр цæстытæй алырдæм каст æмæ ма, йæ хъамайы сæрыл хæцгæйæ, йæхи цæттæ дардта хи баиргъæвынмæ. Хæрунжий йæм йæхи хæс- тæг баласта иуварсырдыгæй, цыма уымæ нæ цыд, уый хуызæн, стæй æваст фæзылд æмæ йын раст йæ тæккæ 361
хъусыл дамбаца фæкодта. Цæцæйнат ма йыл, мæгуы- рæг, йæ зæрдæйæ йæхи баппарынмæ хъавыд, фæлæ йæ къухы ницыуал бафтыд, уайтагъд æрхауд. Хъазахъ, хæстулæфт гæнгæйæ, мæрдты алырдæм хастой æмæ сып сæ гæрзтæ сæ уæлæйæ истой. Уыцы сырх цæцæйнæгтæй алчи дæр адæймаг уыд, алкæмæн дæр хицæн цæсгомы хатт, хицæн цæсгомы уаг æмæ ахаст уыд. Лукашкæйы уæрдонмæ бахастой. Уый æнæ- банцайгæйæ æлгъыста уырыссагау æмæ тæтæйрагау. — Гæды зæгъыс, мæ дыууæ къухæй дын дæ хур- хыл бахæццынæн! Мæнæй аирвæзай, уый æнхъæл ма- куы бон у!» Анассыны! —хъæр кодта Лукашкæ, йæхн тындзгæйæ. Уайтагъд йæ хъару асаст æмæ фыр лæ- мæгъæй ныхъус. Олеиин сæхимæ аивгъуыдта. Изæрæй йын загъдæ- уыд, Лукашкæ М1æлæтдзаг рынчын у, ахъаззаг нал у, зæгъгæ, фæлæ йæ иу цæцæйнаг, донæн уыцы фарсаг, йæхи быгъдуан бакодта æмæ йæ кæрдæджытæй дзæ- бæх кæндзæн. Мæрдты хъæуы уынаффæдонмæ бахастой. Устытæ æмæ сывæллæттæ фæдисы згъорд кодтой баюæеынмæ. Оленин изæрдалынгтæй æрбаздæхт æмæ цыдæрид- дæр федта, уыдон йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг бахаста, æмæ бынтон æрæджиау æрномыл, йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Фæлæ æхсæвыгон та йæ зæрдыл æрбалæууыды- сты зноны хъуыддæгтæ æмæ хъуыдытæ. Оленин ру- дзынгæй иу каст ракодта. Марьянæ рауай-бауай кодта хæдзары æмæ хъомдоны æхсæн æмæ цыдæртæ æф- снайдта. Мад сæнæфсирдонмæ ацыд. Фыд хъæуы уы- наффæдоны уыд. Чызг æфснайдгонд нæма фæци, афтæ йæм Оленин бацыд. Чызг хæдзары лæууыд, йæ чъыл- дым Оленинмæ здæхт, афтæмæй. Оленин афтæ æн- хъæл уыд, æфсæрмы дзы кæны. — Марьянæ! — загъта уый, — о, Марьянæ! Æз дæм бауайон? Чызг æваст фæзылд. Иæ цæстытæ доны разылды- сты. йæ цæогом æвдыста зæрдæмæдзæугæ æнкъард- дзинад. Иæ сæр сæрмæ чи хæосы, ахæм адæймаджы уæздан кæт æм бакодта æнæдзургæйæ. Оленин та дыккаг хатт загъта: — Марьянæ! Æз æрбацыдтæн... 362
— Куы мæ ныууадзис, — загъта чызг. Йæ цæсго- мы хатт нæ аивта, фæлæ йæ цæсты сыгтæ æр- калдысты. — Цы дыл æрцыд? Цы кæныс? — Цы та цы хонью? — загъта чызг тызмæг æмæ карз хъæлæсы уагæй. — Хъазахъы фæцагътой, уый фехъуыстай? — Лукашкæйы? — зæгъгæ, фæкодта Оленин. — Дæхи айс, мæ цæст дæ куыннæ уына, афтæ! — Марьянæ! — зæгъгæ та фæкодта Оленин æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. — Мæнæй дын пайда нæй, никуы мæ ницы радом- дзынæ. — Марьянæ, афтæ ма дзур, —лæгъстæ кæнын байдыдта Оленин. — Дæхи айс, цъа.ммар!—фæхъæр кодта чызг, йæ къæхтæ сцæгъдгæйæ, .æмæ йæм, ныццæвыны онг æртхъирæнтæ гæнгæйæ, йæхи бахæстæгдæр кодта. Ахæм мæсты хуызæй, ахæм æвзæр, æлгъаг цæстæй йæм бакаст, æмæ Оленин æвиппайды бамбæрста, йæ зæрдæ .ма цæуыл дара, ахæм хъуыддагæй дзы ницы уал ис, æмæ райдайæны куыд æнхъæл уыд, райдайæ- ны цы цæстæй каст чызгмæ, æцæг ахæм разыид: хæстæг бацæуæн кæмæ ис <æмæ къухы æнцонтыл чи бафта, ахæм нæу. Оленин хорзау нал уыд, фæстæмæ (йын зæгъын ни- цыуал бафæрæзта æмæ лидзынмæ фæци. XLII Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд дыууæ сахаты бæрц æнæфезмæлгæ фæхуыссыд хуыссæны, стæй сыстад æмæ ротæйы кицаумæ (араст кодта æмæ дзы бар райста, штабмæ ацæуыны тыххæй. Хæдзары хицæуттæн сæ фа- теры мызд Ванюшæйæн барвыста, хæрзбон никæмæн загъта, афтæмæй цæуыны уынаффæ скодта, сæ полкъ кæм бадт, уыцы фидармæ. Хæрзбон зæгъынмæ йæм æрмæст иунæг Ерошкæ æрбацыд. Сæ дыууæ анызтой, стæй та ноджыдæр анызтой, уый фæстæ дæр та но- джыдæр æнызтой. Мæскуыйæ куыд раст кодта, афтæ 3G3
ныр дæр, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уæрдон æтте дуар- мæ араст æввонгæй лæууыд. Мæокуыйæ куы раст кодта, уæд цы цæстæй каст йæхимæ, уæд куыд кад- джын уыд йæхи цæсты, афтæ нал уыд ныр. Ам цыдæ- риддæр бакодта хъуыддагæй, цыдæриддæр хъуыды кодта йæ сæрæй, уыдонæй «афтæ не сты», зæгъгæ нал дзырдта. йæхицæн ног цардæй зæрдæтæ дæр нал æвæрдта. Марьянкæйы ныр фыццагæй фылдæр уарзта, стæй йын йæхи кæй никуы бауарздзæн, уый дæр ныр базыдта. — Цæй, хорзыл амбæл, мæ фыды хай, — дзырдта Ерошкæ. — Æфсады куы ацæуай, уæд дæхи хъахъæн, зæронд лæджы ныхæстæ дæ зæрдыл бадар, хуымæтæ- джы нæ фæзæгъынц: «зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс». Æз эæронд бирæгъ дæн, уый зон: цы нæ федтон, цы н>æ бавзæрстон, иу ахæм мын нæй, æмæ дын зæгъын, хæстмæ кæнæ стæры куы ацæуай æмæ уæ æхсгæ куы кæной, уæд хибармæ дæхи лас, адæм æмбырд кæм уой, уырдæм хæстæг ма цу. Кæннод сымахæн уе ’гъдау афтæ у, куыддæр фæтæрсат, афтæ адæм фылдæр кæм вæййы, уыцырдæм уæхи ласут; аф- тæ ’нхъæл вæййут, зæгъгæ, уымæй уым адæмимæ хъæл- дзæгдæр, æдасдæр уыдзæн, зæгъгæ. Уымæй æвзæрдæр та уæвгæ ницы ис: кæддæриддæр адæм фылдæр дзы- гуырæй кæм лæууой, уырдæм хъавынц, уырдæм æх- сынц. Æз та-иу мæхи адæмæй дарддæр ластон æмæ-иу зыбыты иунæгæй рацу-бацу кодтон: уымæн никуы фæ- цæф дæн. Æвæдза, цы нæ федтон, цы нæ бавзæрстон мæ цæргæ-цæрæнбонты фыццагæй фæстагмæ, иу ахæм мын нал баззад. — Уæдæ дæ, фæсонты топпы нæмыг куы бады, — загъта Ванюшæ, уат æфснайгæйæ. — Уый ницы у, хъазахъ хынджылæг скъæрдтой, — радта йыы дзуапп Ерошкæ. — Уый та цы хоныс? — афарста йæ Оленин. — Куыд вæййы, афтæ. Нуæзтам. Иу хъазахъаг Ванькæ Ситкин, зæгъгæ, æгæр бахъæлдзæг æмæ мын раст мæнæ ацы ран дамбаца фæкодта. — Æмæ дын нæ фæрыст? — афарста Оленин. — Ванюшæ, тагъд уыдзынæ?—бафтыдта та уый. — Гъæй! Кæдæм мын тагъд кæныс, дæ фыдыстæн! 364
Фæлæу-ма, мæ ныхас ракæнон... Гъемæ мыл æй куы ныххуырста, уæд нæмыг стæджы банцад æмæ уым баз- зад. Æз ын афтæ зæгъын: куы тæ амардтай, уый, гормон. И? Цы мын бакуыстай уый? Ныр мæ афтæ уæлæнгæйтты нал аирвæздзынæ. Хъуамæ мын ацы ран сæны ведра мæ разы æрæвæрай. — Уæд йед та, риогæ дын нæ фæкодта? — афар- ста та йæ Оленин, хъусгæ йæм дзæбæх нæ кодта, афтæмæй. — Мæ ныхас мын кæронмæ ауадз. Сæны ведра афæвæрдта. Банызтам æй, уæдæ цы кодтам. Ныр туг кæлы æмæ кæлы, хæдзар тугæй фесæфт. Уæд иу зæ- ронд лæг Бурлак, зæгъгæ, йæ мыккаджы ном, афтæ фæкодта: «Ацы мæгуыр лæг куы иыххæдмæл уа, уы- мæй тæссаг у». Ведрайы цыппæрæмхай ма адджын сæн æрæвæр, кæннод дæ хъуыдда.г хорз нæ цæуы, уый зон. Æр,бахастой та. Банызтам та уый дæр. — Уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ дын рисгæ нæ кодта, риогæ? — афарста та йæ ноджы Оленин. — Цæй риссынтæ кæныс, цæ? Мæ дзырд мын ма ис, уымæй æвзæрдæр мæм ницы кæсы, нæ уарзын аф- тæ. Бауадз мæ дзурын. Æхсæв-бонмæ, æнæ банцай- гæйæ, нызтам æмæ нызтам, стæй фыдрасыгæй пецы сæр бафынæй дæн. Райсомæй райхъал дæн æмæ мæ мæ астæу стасын нæ уадзы. — Тынг дын рыстис? — ской та йын кодта Оленин, йæ зæрдæйæ загъта, ацы хатт мын уæддæр раттдзæн дзуапп мæ ныхасæн. — Афтæ дын куы н<æ зæгъын, рысти мын, зæгъгæ. Рисгæ мын нæ кодта, фæлæ мæ фæтасыы æмæ цæуын нæ уагъта. — Афтæмæй дын сдзæбæх ис, нæ? — афарста Оле- ни«, æнæхудгæйæ, йæ зæрдæ куыд рыст, уымæ гæсгæ. — Сдзæбæх ис, уæдæ цы кодта, фæлæ нæмыг уым баззад. Мæнæ ма йæ аскар. Ерошкæ йæ хæдон уæлæ- мæ сфæлдæхта æмæ стæджы цур, нæмыг кæм банцад, уыцы фæтæн, стæвдтæ арæзт фæсонтæ равдыста. — Кæсьгс æм, куыд рауай-бауай кæны, — дзырдта Ерошкæ, цыма дзы йæхи ирхæфста æмæ йын хъазæп хъул уыд, уый хуызæн. Дæлæмæ чъылдьиммæ æр- фардæг. 365
— Куыд дæм кæсы, Лукашкæ фервæздзæн! йæ удæн ницы тас у? — афарста Оленин. — Хуыцау дæсны, цы йын базындæуыдзæн! Дох- тыр нæй. Æрвитгæ йæм акодтой. — Кæцæй хъуамæ æрласой дохтыры, Грознайæ мийаг? — афарста Оленин. — Нæ, мæ фыды хай, цæвиттон хъуыддагæй, пад- дзах фæдæн, уæд сымах уырысы мыккагæй иу дæр нал ныууагътаин, раджы уæ æрцауыгътаин. Æрмæст æргæвдын зонут, æндæр ницы. Нæ хъазахъæй иуы, Баклашев, зæгъгæ, бабын кодтой, лæг нал у, йæ къах ын алыг кодтой. Цыма дæ хъæуы, уымæй æдылыдæр ми ма куыд бачындæуыдзæн! Цæмæн ма у ныр Бак- лашев? Н,æ, мæ хæдзар, кæд искуы æцæг дохтыргæ ис, уæд хохы. Мæ лымæн хъазахъаг Гирчик, зæгъгæ, хæсты фæцæф. Нæмыг раст мæнæ ам йæ риуы сæм- бæлд, гъемæ, нæдæ бауырндзæн, сымах дохтыртæ йæм сæ ныфс нæ бахастой; хохæй Саиб æрцыд æмæ йæ сдзæбæх кодта. Кæрдæджытæй дзæбæх кæнынц, мæ лымæн, кæрдæджытæй. — Ныууадз, уыдон ницæййаг, гæды ныхæстæ сты, — загъта Оленин. — Фæлтау уын *æз штабæй хъæдгоммæгæсæджы æрбарвитдзынæн. — Гæды ныхæстæ! — сфæзмыдта йæ зæронд лæг. — Æдылы куы дæ, сæрæй, æдылы! Гæды ныхæстæ. Хъæдгоммæгæсæджы æрбарвитдзынæн! Сымахоитæ, мæгуыр уæ бон, дзæбæх кæнын куы зыдтаиккой, >æд хъазахъ дæр æмæ цæцæн дæр сымахонтæм цыдаиккой дэæбæх кæнынмæ, уæд уæ афицертæ æмæ уæ булкъон- тæ хохæй дохтыртæ нæ хуыдтаиккой. Сьшахмæ гæды- дзинад, фæлывддзинады йеттæмæ ницы ис, иицы. Оленин ын фæстæмæ ницы загъта. Уый иттæг ра- зы уыд йемæ, уымæн æмæ цы адæмы ’хсæн фæцард æмæ фæстæмæ кæмæ здæхт, уыцы адæмы царды æвæрд иудадзыгдæр гæдыдзинадыл арæзт кæй уыд, уый æцæгдзинад уыд. — Йед та, Лукашкæ куыд у? Нæ йæ абæрæг код- тай? — афарста Оленин. — Хуыссы, мæгуыры мард куыддæриддæр уа, аф- тæ. Ницы хæры, ницы нуазы, æрмæст ма йæ зæрдæ арахъ агуры. Уæддæр ма арахъ кæй нуазы, уымæй 366
хуыцауæй бузныг. Кæннод тæрнгъæддаг у, мæгуыр, æвгъау у амæлынмæ. Хорз адæймаг уыд, car лæг, мæ- нæмæхуызæн. Æз дæр иу хатт афтæ фæцæймард- тæн: зæронд устытæ мыл бирæ фæниудтой, фæхъар- джытæ кодтой. Тæвд кодтон, мæ сæр тъæппытæ хауд. Дзуæрттыл мæ бафæдзæхстой. Афтæ хуыссыдтæн, æмæ мæ сæрмæ пецыл мæнæ ахæм гыццыл барабан цæгъд- джытæ райсомы цагъд кодтой. Куы-иу сыл схъæр код- тон, уæд-иу мæ фыддæрадæн тынгдæр байдыдтой (зæ- ронд лæг ныххудти). Устытæ мæм динамонæджы æр- бакодтой, цæрдудæй мæ ныгæнынмæ хъавыдысты. Дзырдтой: уырысимæ цæрæг уыд, сылтимæ хатти, би- рæты тæригъæды бацыд, мархо хордта, лæджы фæн- дырæй хъазыд. Дæ тæригъæдтыл фæфæсмон кæн, зæгъгæ, мын дзырдтой. Æз дæр фæомон кодтон. Тæ- ригъæдджын дæн, зæгъгæ, дзырдтон æз дæр. Цæмæй- дæриддæр мæ фарста сауджын, тæригъæдджын дæн, зæгъгæ-иу, загътон. Фæндыры тыххæй дæр мæ фæрсын байдыдта. Кæм дын ис уыцы æлгъыст, кæм æй баф- снайдтай? Рахæсс æй æмæ йæ ныссæтт. Æз загътон: мæнмæ нæй. Мæхæдæг æй хæдзары фæсфæд ран бам- бæхстон: зыдтон, кæй йæ не ссардзысты, уый. Афтæ- мæй мæ ныккуыйты уагътой. Мæ низæй фервæзтæн æмæ та-иу мæ фæндыр куы æрцагътон... Цы дзырдтон цы? Адзæгъæл дæн, æнхъæлдæн, — йæ ныхас дарддæр кодта зæронд лæг. — Ды мæнмæ хъус: адæмæй дæхи хибардæр дар, кæннод доны къусы сæфт фæкæндзы- нæ, амардзысты дæ хуыцауы ницæуыл. Æз дын тæри- гъæд кæнын, ме ’цæгæй дын зæгъын. Расыггæнаг кæй дæ, уый тыххæй дæ уарзын. Сымахонтæ кæддæриддæр къуыппытæм хизын уарзынц. Ам нæм иу уæрæсейаг цард: къуыппыты йеттæмæ йын мацы ратт; уайтагъд- иу сæ сæрыл алæууыд; уый сæ куыддæр æнахуыр но- мæй хуыдта. Иуахæмы атахт æмæ тыппыры оæр абадт, æмæ бацин кодта, дзæбæхау æм каст. Цæцæйнаг æй бахъуыды кодта, фехста йæ æмæ, дæ балгъитæг афтæ, дзыхъмард фæци. Саджилæгæй, сæ мард фесæфа, æнæ- гъдау дæсны сты æхсынмæ, цъиуы цæст нæ февгъуый- дзысты. Мæнæй дзы, гæды ныхас, дæсныдæртæ ис. Нæ уарзын, афтæ ницæй тыххæй, дзæгъæл хуымæтæджы куы фæмарынц, уый, — гуыппы тыххæй иуæй-иутæ бæ- 367
лас калынц. Уæ салдæттæм-иу куы бакастæн, уæд-иу дисы бацыдтæн. Æдылыйæ та ма сæ цы загъдæуа! Афтæ-иу уыцы гуппарæй цыдысты, уыимæ ма-иу сырх æфцааггæттæ æрыфтыдтой. Уымæй дзæбæхдæр ма лæг цæмæ бахъава! Иу куы фæмард вæййы, уæд æй ала- сьгнц, сыфцæй ласæгау, — йæ бæсты та «æндæр балæу- уы. Уымæй æнæзонддæр хъуыддаг ма куыд уыдзæн! — загъта та дыккаг хатт зæронд лæг, йæ сæр тилгæйæ. Алырдæм ныххæлиу ут иугæйттæй; уæ хæдзармæ уæ рардæуа, æмæ æнæ фыдбылыз уат. Уæддæ не ’рхъуы- ды кæндзысты. Афтæ кæ ды, мæ хур, афтæ. — Цæй, бузныг! Хæрзбон у, мæ фыд! Хуыцауы куы фæнда, уæд та искуы сæмбæлдзыстæм, — загъта Оленин, уæлæмæ стгæйæ æмæ цæуыны уьгнаффæ кæнгæйæ. Зæронд лæг зæххы бадт æмæ уæлæмæ не стад. — Иокуы ма афтæ хæрзбон фæзæгъынц? Æдылы куы дæ, æдылы! — загъта Ерошкæ. — Æ-уæу-уæй-йе, цæй адæм ма ис ныр. Иумæ цардыстæм, нуæзтам æнæ- хъæн афæдз: ныр хæрзбон у æмæ фæндараст. Æз дæ уарзтæ куы кæнын, тæригъæд дын куы кæнын. Иунæг м-æгуыр у, дьК та иунæг куы дæ, зыбыты иунæг. Адæ- мимæ цæрæг нæ дæ! Хаттæй-хатт мæ хуыссæг нал фæахсы дæ мæтæй, дæуæн тæригъæд лæнгæйæ. Зарæ- джы хуымæтæджы нæ ракæнынц: «зын у, ме ’ммадæ- лон æфсымæр, æцæгæлон бæсты цæрын». — Ды дæр афтæ дæ. — Цæй, хæрзбон у, — загъта та йын дыккаг хатт Оленин. Зæронд лæг уæлæмæ сыстад æмæ йæм йæ къух ба- даргъ кодта. Оленин ын йæ къухыл фидар ньгххæцыд æмæ йæм цæуыны зæрдæ уыд. — Дæ мукъутæ та, дæ мукъутæ, ардæм ма сæ хæ- стæгдæр æрбадар. Зæронд лæг йе ставд дыууæ къухæй Оленины сæ- рыл фæхæцыд, йæ хуылыдз рихитæ æ’мæ былтæй йын æртæ хатты аба кодта æмæ скуыдта. — Уарзон адæймаг мын дæ. Фæндараст! Оленин уæрдоны сбадт. — Ныр афтæмæй раст кæныс? Исты мын уæддæр куы ралæвар кодтаис, дæ номыл адджынæн кæй фæ- 368
дардтаин ахæм, мæ фыды хай. Дæ разы мын дæ топп ралæвар кæ. Цы сæ кæныс дыууæйæ,—дзырдта зæ- ронд лæг, хæкъуырццæй кæугæйæ йæ зæрдæбынæй. Оленин топп систа æмæ йæ зæронд лæгмæ радта. — Цас æмæ йын цас фæлæвæрдтай ацы зæрон- дæн, — хъуыр-хъуыр кодта Ванюшæ. — Уæддæр ын æгъгъæд нæу. Æрмæст æри-ма кæны, зæронд хъебыр. Æнæконд адæм сты, — загъта уый, йæ пъалтойы йæхи тухгæйæ æмæ разæй уæрдоны бадгæйæ. — Дæ дзыхыл хæц, ныхъус у, хуыйы хъыбыл! — фæхъæр кодта зæронд лæгу худгæ-худын.— Бакæс-ма уымæ, мæрддзæст! Марьянæ хъасбахæй рацыд, зæрдæпцойæ æртæ бæхы ифтыгъд уæрдонмæ бакаст, йæ сæрæй акуывта æмæ хæдзармæ бацыд. — Ла филь! — зæгъгæ, фæкодта Ванюшæ, йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ æрра худт ныккодта. — Гъæй зæгъ, цæугæ, — мæстыйæ загъта Оленин — Фæндараст^ мæ фыд, фæндараст, мæ зæрдыл дæ дардзынæн! — хъæр кодта Ерошкæ. Оленин фæстæмæ иу каст фæкодта. Ерошкæ Ма- рьянæимæ ныхас кодта, æвæццæгæн, хи хъуыддæгты тыххæй, æмæ нæдæр зæронд лæг, нæдæр чызг Оленин- мæ нæ кастысты.
СÆРГÆНДТÆ Ныббырст — Баситы М. тæлмац 3 Кафтизæры фæстæ. Брытъиаты С. тæлмац ... 35 Ходынкæ —Брытъиаты С. тæлмац 49 Æртæ марды — Брытъиаты С. тæлмац 60 Бирæ цымæ хъæуы, адæймаджы зæхх — Плнты X. тæлмæц 77 Кавказаг уацайраг — Плиты X. тæлмац 96 Цæй тыххæй? — Тотраты Б. æмæ Саламты Къ. тæлмац 126 Хъазахъ 155
Оформлсние художника В. Лермонтова. Рсдактор У. Богазов. Техредактор А. Доценко. Koppeinop M. Савкуева. ЕИ04240. Сдано в ыабор 29JVI—53 г. Подписа- по к псчатн 26|1Х-53 г. Псч. лнст. 19,065. Учет- по изд. лнстов 17,6. Формат бумаги 84х108|зо. Госиздат №62.3аказ №2682. Тираж 2000Г Цена 7 р. 30 к. Рсспублнканская типографня Полнграфизда- та Севсро-Осетинской АССР, г. Дзауджикау, ул. Джанасва, 20.
ФИППАЙНАГ Фарс 17 25 38 40 141 221 Рæнхъ 13 уæле 8 уæлс 1 бып^й 19 уæле 8 быиæй G уæле Мыхуыргоид у n'oublig cou'r Ensore chere secundum mpe Кæсын æй n'oublie coup Encore ch'ere cecundam тре хъæуы Л< Толстой—Уацмыстæ.