Автор: Джанаев С.С.  

Теги: повесть   хроника  

Год: 1973

Текст
                    Дзанайты Сергей
ПОВЕСТЬ-ХРОНИКÆ
2-аг рауагъд
ЧИНЫГУАДЗÆН ПИР«
ОРДЖО НИКИДЗЕ * 1973


С(Осет.) Дз 62 Дзанайты С. С. Дз 62 Хадзымæт. Повесть хроникæ. Орджоники- дзе, «Ир», 1973. 190 ф. Джанаев С. С. Хадзымет. С(Осет.) 733-102 _а7_73 М131(03)-73.
ТАР БОНТÆ 1 Тæргайдоыы был, иннæ агъуыстыты æхсæн, сидзæ- рау зыны иу чысыл хъæмпынсæр хæдзар. Зæрдæ нык- кæрзы йæ уындæй. Бæрæг у, мæгуырдзинад ам йæхи- цæн хъарм ахстон кæй сбыдта, уый. Адæймаг æнтъыс- нæг сагъæстыл фæвæййы уый тæригъæддаг хуызмæ кæсгæйæ... Уаты дуар хъинцгæнгæ байгом ис, æмæ къæсæрыл рахызти хæдзары хицау Рæмонаты Гаги. Сау фистон 3
хъама æмæ бæрцытæ йæ дæрдджын сау цухъайы риуыл æрттивынц райсомы хуры тынтæм. Иæ цы- быргомау урс зачъетæ адаудта дæрзæг къухæй æмæ акæстытæ кодта кæрты къуьщтæм. Стæй кауы рæ- бын цы цъæх хæрис бæлас уыдис, уый бынмæ ба- цыд æмæ бирæ фæкасти, æрæджы кæй сарæзта, уы- цы уæрдоны гуыффæмæ. — Цæттæ у ныр, — сдзырдта мынæг хъæлæсæй Гаги.— Кæд та уал нын уыцы æнамондæн урсаджы кæнæ фыдызгъæлы фаг уаид... Акъахдзæфтæ кодта уынджы ’рдæм, стæй фæстæмæ фæзылд æмæ фæкомкоммæ йæ хæдзары сæрмæ: хæ- дзар æм фæкасти зæронд хосы мæкъуылы хуызæн. Иæ сæрыл бæрзонд сзадысты нартхоры æмæ мæнæуы æвзартæ алыхуызон кæрдæджытимæ. Афтæ задысты алы аз дæр хъуына хъæмпы, æмæ-иу хъæуы адæм худынæн дзырдтой: «Гагийæн хор быдыры нæ, фæлæ йæ хæдзары сæрыл зайы...» Хъæуккæгтæ йыл сахуыр сты æмæ хъуыды дæр нал кодтой, Рæмонаты кæртмæ хоры уæрдон кæй нæ тылди, фос дзы кæй никуы уы- ди, уый. Куы хъомгæс, куы цæлхгæнæг, куы уæрдо- ны гуыффæтæ аразæг, афтæмæй царды амæлттæ кодта Гаги. Йæ авд фырты æмæ иу чызг куыд гуыр- дысты, афтæ, æнафоны, сабийæ уæззау царды мæ- ты хаудысты, мæгуырдзинад сæ хъуыры бадтис, ди- динæг сонт хурмæ куыд судза, уыйау сыгъдысты... Гаги ахъуыды кодта (ныр цал æмæ цалæм хатт!) йæ цоты хъысмæтыл æмæ йæ зæрдæ- тынгдæр ба- рызти. Йæ хисдæр лæппу, Алыксы, йæхи айста цавæрдæр дард горæтмæ æмæ бæхылбадæгæй цирчы куыста, стæй чехоткæ ссардта æмæ амарди. Уый кæсдæр, Май- рæм, амондагур ацыд Америкæмæ æмæ уым фесæф- ти... Ладе байсæфти зæфцы фыдæй чысылæй. Ьазза- 4
дысты ма Гæлæу, Хадзымæт, Гæбæци æмæ Георги. «Фæлæ уыдоны амонд дæр цы уыдзæн, чи зоны»,— йæхинымæр загъта Гаги. Иучысыл ма алæууыд, стæй уаты чысыл рудзгуыты ’рдæм бадзырдта: — Хадзымæт! Цы фæдæ, цы? Хæдзарæй рауад рæсугъд, саулагъз, бæзджынæр- фыг лæппу, йæ лæджы кармæ чи цыд, ахæм. Уый уыди Хадзымæт. Иæ фæдыл фæзындысты йе ’мбæлт- тæ—«рæстæгмæцæрæг» Соброны лæппу Сабаз æмæ Амырхан, сæ хъæуккаг мæгуыр зæхкусæджы фырт. — Цы кæныс, баба? — лæппу фæлмæн хъæлæсæй афарста йæ фыды. — Суай уæлæсыхмæ, Бадзитæм. Уæ гуыффæ, зæгъ, цæттæ у æмæ йæ аласут. Æхца нæ, зæгъ, æхсызгон хъæуы... Лæппу фыды ныхæстæм кæронмæ дæр нал бай- хъуыста, афтæмæй йе ’мбæлттимæ азгъордта. Гаги йæ фæдыл æдзынæг кæсгæ баззади. «Мæ рис мын æмбары, хæд-зонд у»,— сдзырдта йæхинымæр, стæй бадзырдта йе ’фсинмæ: — Истæмæйты фæкæс уыцы æнамондмæ, уæртæ мæ хæдоны дзыппы дыууæ абазийы ис æмæ йын ур- саг исты балхæн...— æмæ хæдзармæ, рынчын Гæбæ- ци кæм хуыссыд, уырдæм йæ лæдзæгæй ацамыдта. Хадзымæты мад, Леска, къæсхуыр сылгоймаг,^цы- дæртæ архайдта хъæмпынсæр сарайы. Йæ фæл’урс цæсгомæй бæрæг уыд, мæт æмæ йæ уæззау сагъæстæ кæй бадомдтой, уый. Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæу- уыд, стæй арф ныуулæфыд æмæ сабыргай загъта: — Цæмæй йæм фæкæсон ахæм цыбыркъухæй?.. Кæдмæ ту æн кæндзыстæм?.. Ацы гæныстоны хус къæбæр æмæ доныл хæлтъамæтæ — дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр... Уастæн дæлæмæ æрхауа, мæн цы хуыцау сфæлдыста!.. 5
Уыцы ныхæстæ скæнгæйæ, Леска багуыбыр кодта артмæ æмæ кауты рæбынты, доны былты цы уымæл къæцæлтæ æруыгъта, уыдон гуыффæйы хъæдхафæн- тимæ цуайнаджы бынмæ бакалдта. Йæ цæстытæ йын фæздæг къахта æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæссыг асæрфта сау зæлдаг зæронд кæлмæрзæны кæронæй. Гагийы хъустыл та ауадис рынчыны хъæрзын, фе- хъуыста усы ныхæстæ æмæ йæ зæрдæ тынгд^рр срыс- ти. Цы чындæуа? Цæмæй фæрогдæр кæна йæ бинон- ты хъысмæт?.. Кауын дуарыл ахызти уынгмæ æмæ арасти хъæуы аргъуаны ’рдæм. Аргъуанæн йæ тæккæ бакомкоммæ царди сауджын. Сæ дуармæ куы бахæц- цæ, уæд сæм бахоста. Дуар уайтагъд фегом. Иу ус æм ракасти. Гаги йын бамбарын кодта йе ’рбацыды сæр. Ус мидæмæ бацыд, æмæ чысыл фæстæдæр сау- джын йæхæдæг фæзынд. — Æгас цу, Гаги! — æнæрвæссонæй сдзырдта сау- джып, йæ мыдхуыз рихитæ адаугæйæ. Цыдæр сой- джын хæринаг кæй хордта, уый бæрæг уыд йæ сойæ- дзаг фæлмæн къухтæ æмæ рихитæй. — Цы ног хабар зæгъдзынæ? — Ницы, дæ рын бахæрон,— къулбæрзæйæ загъта Гаги æмæ къæдз лæдзæгыл æрынцой кодта.— Кæд дæ æнтысы, уæд мын зæхх иу дæсæтин рауæй кæн Тилыны обауы цур... Мæнæ, гуыффæтæ аразгæйæ, цыдæр муртæ бамбырд кодтон, æмæ кæд амал ис, уæд... Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзы- нæн.,. — Мæ бон ницы у, Гаги!.. Байрæджы кодтай, уæрст æмæ уæйгонд æрцыди зæхх,— Гагимæ æнæ- рвæссон цæстæй кæсгæйæ загъта сауджын. Гаги джихæй баззадй сауджыны дзуапмæ хъус- гæйæ. 6
— Мæ хæдзары рынчын ис... Ис мæм æхца зæх- хы фаг,— бахатыдис та йæм ног æмæ йæ къух йæ роны акодта. — Æхцайыл нæу ныхас,— загъта сауджын. — Уæд та мын, семинармæ айсут Хадзымæты!.. Хъæууон скъола каст фæци. Дæ хорзæхæй! Тынг зæрдæргъæвд у ахуырмæ. — Уый дæр, Гаги, стыр зын хъуыддаг у!.. Æндæр исчи куы уаид, уæд ма дзы, чи зоны, исты рауаид. Фæлæ дæ лæппу цыдæр сусæг хъуыддæгты цæуы. Хъуыды ма кæныс, бунты рæстæджы студенттæ æмæ семинары ахуыргæнинæгтæ цы зарæг зарыдысты, уый? Гъе, • уæдæ уыдон дæр уый хуызæттæ зарынц, ноджы ма иннæты дæр æрра кæнынц. Æвæццæгæн сын семинары ахуыргæнæг Орлов сæ сæртæ разилын кодта. Ууыл та æнæууæнк кæй кæнынц, уый дæхæ- дæг дæр зоныс! Орлов 1905 азы бунтгæнджытимæ уыд... Ныр та, мæ хур, бунты рæстæг нал у, уый æм- барын хъæуы... Сыбыры бинаг къæйы хай дын ба- кæндзысты дæ фырты.— Сауджын фæхъус ис, стæй та райдыдта: — Уымæй уæлдай, «рæстæгмæ цæрджы- тæй» стут... Цæй, нæ мæ æвдæлы,— зæгъгæ, сауджын йæфæныкхуыз уæрæх пæлæзы дзыппыты йæ къухтæ акодта æмæ кæсæнцæстыты сæрты бакасти Гагимæ, стæй фæзылд æмæ мидæмæ бацыд. Гаги уым лæугæйæ баззади, стæй йæ бон куы ба- зыдта, уæд сæргуыбырæй рацыди. Фаллаг уынджы баздæхтис Иласы хæдзармæ. Лæдзæгæй кулдуар ба- хоста. Уайтагъд æм фæзынд Илас йæхæдæг. — Цы кæныс, временнæй хæрæг?! — схъæр ыл кодта уый, йæ урс чесуча куырæтыл æддейы цы сыз- гъæриндонытылд æвзист хъама уьАд, ууыл æрхæц- гæйæ. Уый Иласæн йæ лæгъз ныхас уыдис «рæстæгмæ 7
цæрджытимæ». Зæххъуæгтæ алы аз дæр зæхх æл- хæдтой Иласæй, Белогорцевæй кæнæ Швидковæй. Хъæуы хуыздæр хæдзæрттæ æмæ куырæйттæ дæр уыдоны уыдысты. Иласы стыр агуыридур хæдзар зындгонд уыд хицæуттæн. Пъырыстыфтæ æмæ пад- дзахы фæсдзæуинтæн-иу фысым уым уыди. — Кæд ма дæм зæхх иу дæсæтин ис, уæд мын ма бацауæрд,—уынгæг хъæлæсæй сдзырдта Гаги. — Дæуæн ма ссардзынæн иу дæсæтин,— загъта Илас, йæ чысыл цæстытæ хин цъынд акæнгæйæ. Га- ги фæцырди, фæлæ ма Илас йæ ныхасыл куы баф- тыдта, зæххы аргъ цыппар туманы уыдзæн, зæгъгæ, уæд æнкъардæй йæ сæрак чыссæ раласта йæ ронæй. Систа дзы æртæ туманы, фæлæ цы нæ фæкодта — нæ йын аппæрста цыпнар туманæй иу капекк дæр... Гаги фырмæстæй æваст фæзылд æмæ тагъд-тагъд арасти сæхимæ, цыма йæ исчи сырдта, уыйау. «() хуыцау, искуы ахæм бон дæр скæн, æмæ Иласитæ мах хуызæттæн куыд кувой!» — дзырдта Гаги йæхи- нымæр. Æвиппайды аргъуаны фæдисцагъд йæ хъус- тыл ауад, Фæзылд æмæ аргъуаны цур ауыдта иу- къорд лæджы. «Хуымæтæджы та нæ сæмбырд сты уыцы бирæгъ- тæ аргъуаны цур!» — хинымæр загъта Гаги, уым хъæуы фыд-зонд бонджынты — Уывызыхъойы, Хъам- болы æмæ Хъауырбеджы куы ауыдта, уæд. Фæдисмæ фæзынд Илас дæр. Иæ даргъ лæдзæ- гимæ адæмы æхсæн фæмидæг. Хъæр æмæ ахст сси бæстæ... — Цы хабар у? Цæй фæдис та у? — хъуысти алы- рдыгæй. — Дæлæ «временнæйты» хæдзæрттæ пырх кæнын хъæуы, судзын сæ хъæуы! — хъæр кодта гæмæхсæр Уывызыхъо, йæ цæсгомæй хиды сахатæ сæрфгæйæ. 8
Хъамбол дзæнгæрæджы къолопайыл хæцыди æмæ æнæсцухæй цагъта. Адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой, фæлæ фæди- сæи йæ нысан бæлвырд нæ зыдтой. — Сафын хъæуы бунтгæнæг «временнæйты!» Бун- ты зиантæ уыдоны тыххæй фидæм. Швидковы дука- ии дæр уыдон фæхастой. Уыдон недоимкæтæ нæ фи- дынц,— айста Уæвызыхъойы ныхас Илас, йæ лæдзæг тилгæ. — Уый провокаци у! — бæзджын хъæлæсæй загъ- та иу æрыгон лæг. Йæ уæлæ уыди сау уырыссаг да- рæс, йæ бæзджын сæрыхъуынтæ æрфгуытыл æрхау- дысты. Адæм æм се ’ргом аздæхтой. Иууылдæр ба- зыдтой семинары ахуыргæнæг Орловы. Бирæ йæ уарзтой хъæуы цæрджытæ. Æдзухдæр зын сахат се- мæ уыди, уырныдта сæ йæ раст æмæ æргом дзырд. Хорз ын зыдтой йæ зæрдæйы уаг бонджынтæ дæр — йе ’нæуынон уыдысты. Куыд дзырдтой, афтæмæй Ор- лов бирæ æфхæрдтытæ баййæфта æмæ ма ноджы- дæр кæй баййафдзæн, уый йæхæдæг дæр зыдта. Фæ- лæ æнæ сæрибарæй йæ цард нымадта афтидыл. Пад- дзахы хицауад æй иу хатт Фæскавказы æрцахстой. Ахæстонæй ралыгъди... Фæндзæм азы та фæзынд Æрыдоны, арæх цыди Салыгæрдæн æмæ иннæ хъæу- тæм дæр. Реакци куы фæуæлахиз, уæд та йæ Сы- бырмæ ахастой, фæлæ та ногæй ссыд Ирыстонмæ æмæ сусæгæй фæсивæды ног революцион тохтæм цæттæ кæны. Хорз æй чи зоны, уыдон ыл сæ зæрдæ никуы ивынц... Уымæн, æмæ сын йæ ныхас уыди ныфс... — Бафæрсут ма Иласы, цæмæн сафы мæгуырты? Æнæ ис-æнæ бон кæй сты, уый тыххæй? — адæмы ’рдæм аздæхгæйæ, дзырдта Орлов.— Швидковы фарс 9
куы у Илас, уæд æнæзæхх, æнæбонты фарс цæуыл- нæ у?.. — Уымæн æмæ уыдон кадджын адæм сты. Стæй хъæуккаг сты,— загъта Илас. — Æмæ дæуæн дæ зæххытæ, стæй Швидковæи æмæ иннæ ахæмтæн сæ мулк, сæ хъуымæцтæ сæхи фæллойæ конд сты? — цæхгæр фарста Орлов.— Адæ- мæн се знаг, кусын сæ чи кæны æмæ сын сæ фæл- лой чи хæры, уый у, æви мæгуыртæ сты? — Уæлæ фæдис чи кæны, уыдон сты знæгтæ адæ- мæн. Айфыццаг дæр ма фæдис самадтой æмæ адæмы галиумæ сарæзтой, басыгътой Хъариаты Идарыхъо- йы æмæ Маркъозаты хæдзæрттæ,— загъта семинары ахуыргæнинаг Тотырадз. Адæм ныхъхъус сты, бамбæрстой, ’кæрæдзийыл сæ ардаугæ кæй кæнынц Иласитæ, уый, æмæ хæлиу кæнын райдыдтой фæйнæрдæм. Уывызыхъоитæ бам- бæрстой, сæ фæидæй кæй ницыуал рауайдзæн, уый, æмæ ницуал загътой. Орлов дæр семинары ахуыргæнииæгтæй .иу-цал- дæримæ ацыдис. Гаги сæ фæдыл бирæ фæкасти. Ор- ловы пыхæстæ йæ зæрдæйы ныххызтысты, æмæ дис кодта: «Чи уа, цымæ, йæ сæрыл чи сдзырдта .æмæ йæ фыдбылызæй чи фервæзыи кодта, уыцы æнахуыр адæймаг?» 2 Орлов царди Стыр уыпджы, аргъуанмæ хæстæг, агуыридурæй конд чысыл хæдзары. Искуы-иутæ йед- тæмæ йæм семинары ахуыргæнинæгтæй ничи цыди, нæ йæм цыдысты ахуыргæнджытæ дæр. Царди иунæ- гæй. Куыд цардис, цы куыста, уымæн ничи иицы зы’дта сыхбæстæйæ. Æрма^ст зыдтой, кæй-иу фев- зæрди адæмы æхсæп: куывдты, сходты, чындзæхсæв- 10
ты æмæ-иу æфхæрд чи æййæфта, уыдоны зæрдæты уагъта ныфс йæ барджын ныхасæй. Иæ фатермæ хуыдта æрмæст иуæй-иуты, куыста арæхстгай, цæ- мæй йыл мачи фæгуырысхо уыдаид, афтæ... Мæнæ та ныр дæр фæсивæдæй иу къорд адæйма- джы бадынц чысыл стъолы алыварс даргъ бандо- ныл фæтæгены цырагъы рухсмæ æмæ æхсызгонæн хъусынц сæ æнахуыр зондджын фысыммæ. Орлов йæ хæлар уазджытæн дзырдта йæ ивгъуыд рæстæджы революцион куысты тыххæй. 1905 азы ар- дыгæй Сыбырмæ хаст куы æрцыд, уый агъоммæ Ор- лов ам къорд азы дæргъы кодта сусæг революцион куыст, баст уыди Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Чырыс- тонхъæуы, Садоны сусæг кусæг къордтимæ... — Ныртæккæ та ралæууыд ахæм рæстæг, æмæ нал ис иугæйттæй куыд-фæндытæй архайæн,— дзырд- та Орлов.— Æз иу къорд адæймагыл сæмбæлдтæн мæ рагон зонгæтæй. Ныхас кодтон семæ. Нæ куыст хъуамæ сбæттæм уыдонимæ. Мæнæ адон Ленины къухæй фыст сты,— загъта Орлов фæсусгомау хъæ- лæсæй, гобаныцъары дыдагъæй цавæрдæр гæххæт- тытæ раласгæйæ. Радта сæ адæммæ. Уыдон сæм куы æркастысты, уæд та ахуыргæнæг дзырдта:—Адон хъæуы не ’мбæлттыл сæмбæлын кæнын. Чермеи æмæ Марго ацæудзысты Чырыстонхъæумæ, Тотырадз æмæ Угъалыхъ — Салыгæрдæпмæ æмæ Уæлладжыры ком- мæ, Садоны кусджытæм, Ахмæт æмæ Гиго та Юуырт- татæм. Сæмбæлын сыл кæнут не стыр фæтæджы æх- сидгæ ныхас.— Æмæ сын радзырдта, кæд, кæм, цы- хуызы сæххæст кæндзысты сæ ахсджиаг æмæ тæссаг фæдзæхстытæ, уый. Хадзымæт, Амырхан æмæСабаз иннæтæй кæсдæр уыдысты, æмæ уал сын Орлов сæ бар бакодта æн- цондæр хъуыддаг: уыдон хъæуæн йæхимидæг хæлиу 11
кодтой прокламацитæ. Орлов сæ ахуыр кодта, хи куыд дарын хъæуы адæмы æхсæн, хæдзары æмæ æм- бырдты, ууыл. Ахæм куыст кодтой Æрыдоны стани- цæйы аптечы фæлтæрдджын сусæг кусæг, рæсугъд æмæ хъазуат чызг Марго æмæхъæздыг Ванойы раз- дæры æххуырст Гиго дæр. Уыдон рæстæгæй-рæстæг- мæ æрвыст æрцæуынц суанг Фæскавказмæ, Бакумæ дæр бынæттон партион къорды куыст революцион комитеттимæ бæттыны сæраппонд. ...Æмбырд фæци. Марго йæ чысыл хызын рай- хæлдта æмæ бæлццæттæн фæндагмæ байуæрста æх- ца. Уыйфæстæ æмбæлттæ иугай фæйнæрдæм апырх сты. Уаты ма баззадысты Хадзымæт, Амырхан, Сабаз. Фæстæдæр уыдонимæ уынгмæ рацыд Орлов. Уыди æиафон. Æнцад, мæйрухс æхсæв. Адæм уыдысты сæ тæккæ тарф фынæйæ. Æрмæст ма хъуысти Тæргай- доны тызмæг уылæнты æнæбанцайгæ хæл-хæл. Уал- дзыгон дымгæ йын скъæфта йæ хъæр, æмæ Орлов- мæ уыцы уынæр касти тохмæ сидæджы хъæлæсау. Æмбæлттæ уынджы астæуты сындæггай цыдысты, фæсус хъæлæсæй ныхасгæнгæйæ. — Карз тохы бонтæ ралæууыдысты, лæппутæ,— дзырдта Орлов. — Уыцы тохы сымах, рæзгæ фæси- вæд, равдисдзыстут уæ хъару. Сымах араздзыстут фидæны сæрибар, социалистои цард. Уый тыххæй та ахуыргонд уæвын хъæуы. Æнæ ахуырæй, куырмæ- джы нæй тох кæнæн. Лæппутæ æнцад хъуыстой. Фæстагмæ Хадзымæт, йæ цæсгом æфсæрмæй фæсырх, йе стыр цæстытæ зынджытау сæрттывтой, афтæмæй рахъаст кодта: — Нæ нæ уадзынц ахуыр кæнын... Хъæуы скъола каст фестæм, фæиды нæ семипармæ бацæуын ;æмæ нæ уырдæм нæ исынц... 12
— Афтæ у паддзахы цардæвæрды уаг!..— загъта Орлов æмæ цæуылдæр асагъæс кодта, стæй сабыр- гай, хъуыдыгæнгæйæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Сы- махæн скъоламæ фæндаг нæй. Цард — мæгуыр... Мæнæ Рæмонаты Хадзымæты фыд Гагийы бинонты уæхæдæг хуыздæр зонут. Хадзымæтæн йе ’фсымæр- тæй иу ацыд, цирчы бæхыл бадæг ссис æмæ фесæф- ти. Дыкаг, Майрæм, йæхи аппæрста Америкæмæ æмæ цы фæци, уый бæрæг даар нæй. Афтæ иннæты бинонтæ дæр... Лæппутæ лæмбынæг хъуыстой уыцы ныхæстæм æмæ дис кодтой, Орлов афтæ бæлвырд кæцæй зоны мæгуырты цард, зæгъгæ. — Махæн дæр уæдæ Хадзымæтимæ Бакумæ æнæ цæугæ нæй, — загъта Амырхан дæр. — Уым цæры æмæ нефты промыслæтыкусы мæ мады ’фсымæр, æмæ нын уый баххуыс кæндзæн куысты ныллæууынмæ. Æз æм ныффыстон нæ дыууæйы тыххæй дæр æмæ мæм æрвиты, рацæут, зæгъгæ. Хадзымæтæн йæ зæрдæ рысти йæ мæгуыр цардæй, йæ мад æмæ йæ фыды мæгуырдзинадæй. Уæлдайдæр Гæбæцийы рынчын æмæ хъæуы хъæздгуыты фыдми- тæ куы атыхсынц йæ зæрдæйыл, уæд æй æрфæнды дард ацæуын йæ уарзон хъæуæй, искуы тых æмæ ныфс ссарын, цæмæй афтæ дæлиау æмæ æфхæрд ма- уал уой царды. Æмæ пыр фидарæй загъта: — Æз цæуын Бакумæ. Ам мын нал ис ныллæууæн. Кæд уым, стыр горæты, хуыздæр бамбарин царды æууæлтæ дæр, рæстдзинад цы у æмæ йыл куыд тох кæнын хъæуы, уыдæттæ... — Хорз, уæдæ... Фæстæдæр Маргоимæ ацæудзыс- тут... Уый уæ бахæццæ кæидзæн Бакумæ, стæй уын баххуыс кæндзæн уым. Куыст дæр дзы разындзæн, 13
дзæбæх æмбæлттыл дæр дзы сæмбæлдзыстут,— ба- худт Орлов... Къорд боны рацыди, афтæ Хадзымæт æмæ йе ’мбæлттæ сæ ныхас баиу кодтой Маргоимæ. Уый сра- зы ис лæппуты Бакумæ бахæццæ кæныныл. Николай Орлов æмæ Марго ныхасгæнгæ бахæццæ сты Тæргайдоны былмæ, хъазахъхъы уæлмæрдтæм. Цыртытæм фæкастысты, стæй æрбадтысты иу акьаци бæласы бын. Хъæргæнаг Тæргайдоны фале хорз зындысты бы- дыртæ, Бехъаны хъæд, Æрджынарæджы рæгътæ. Хуссарырдыгæй æрттывтой цъитиджын хæхтæ. Ор- лов сæм бирæ фæкасти, стæй йæ цæстæнгас ахаста хъæуыл. Уалдзыгон хуры тынтæ хъазыдысты хæ- дзæртты сæртыл. Рухсы ныгъуылдысты цъæх сыф- тæрджын *бæлæстæ æмæ рог дымгæйæ сыбар-сыбур кодтой, цыма Тæргайдоны уылæнтæн хъырныдтой, уыйау. Дон къæдз-мæдзтæй згъордта Теркмæ. Æхсызгон хъуыдытæ зилдух кодтой Орловы сæ- ры. Æрдзы рæсугъд нывтæм кæсгæйæ, мысыди йæ лæппуйы бонтæ, йæ цард дард Сыбыры, тыигдæр та мысыд Гуырдзыстоы, хъæздыг хурджын бæстæ. Æмæ куыд нæ! Уым, Куытаисы, тохы бонты сæм- бæлдис гуырдзиаг кусæджы чызг Маргойыл, афтæ зынаргъ ын чи ссис, уыцы иузæрдион æмбалыл. Скасти та рæсугъд цъитиджын хæхтæм. Йе ’нгас исдугмæ фæрайдзасти, стæй æваст фæтардзаст. «Рæ- сугъд у æрдз! Райхъал ис уалдзыгон хурмæ бæстæ... Фæлæ нырма уæззау рæхыстæй баст сты адæм æмæ сæфЬшц бæгънæгæй, сыдæй, нæ сæ æндавы рæсугъд æрдз дæр»,— хъуыды кодта Орлов. — Кæд ралæудзæн, Марго, мах уалдзæг та? -Кæд скæсдзæн нæ бонвæрнон? — афарста йе ’мбалы. 14
"— Тагъд уыдзæн, дæхæдæг æй хуыздæр куы зо- ныс, — дзуапп радта чызг фæлмас хъæлæсæй, йе ’мбалмæ уарзæгой цæстæй бакæсгæйæ, æмæ фæлмæн бахудт, стæй йæ сæр . банцой кодта Николайы ри- уыл. Иу-цасдæр æнæсдзургæйæ бадтысты дыууæйæ дæр. Хъуыдыты ацыдысты. Ферох сæ ис æрдзы рæсугъд- дзинад дæр. Чи зоны, цас рацыдаид рæстæг, фæлæ Николай Маргойы сатæгсау цæстьпæм комкоммæ куы бакаст, уæд ын уый дæр дзуапп радта ныфсхаст цæстæнгасæй. Орловы зæрдæйы цы æнкъарддзинад уыд, уымæй феуæгъд, фæрогдæр ис йæ зæрдæ, йæ рахиз къухæй æрбахъæбысгæнæгау кодта чызджы, стæй дырд фестади æмæ загъта: — Хадзымæт æмæ Амырхан демæ Бакумæ цæ- уынц. Куы сæ абæрæг кæниккам. Куынæуал сæ фе- нон, мыййаг. Марго йæ хостæхæссæн хызын райста, æмæ араст сты. Чысыл фæстæдæр Гагийы кæрты кауын дуарыл бахызтысты. Сæ размæ рауадысты Гаги, Леска æмæ Хадзымæты кæсдæр æфсымæр Георги — ныллæгго- мау, дыууадæсаздзыд лæппу; уымæн дæр, Хадзымæ- тау, йæ уæлæ цъæх тынæй даргъ хæдон, йæ къæх- тыл сæрак дзабыртæ æмæ фæсмын зæнгæйттæ. Фысымтæ уазджыты къухтæ куы райстой, уæд иууылдæр бацыдысты хæдзармæ. Марго хорз зыдта Хадзымæты мæгуыр хæдзар. Фæлæ сæм Орлов ни- куыма уыди. Æмæ ныр афтид зæхбын уаты къуым- тæм куы акаст, æмпъызтытæ хуыссæнтæ, хъæдын сынтæджы чехоткайæ рыпчын Гæбæцийы куы федта, уæд йæ зæрдæ срысти. Марго ауындтытæ кодта Гæ- бæцийы, цыдæр хостæ систа йæ хызынæй æмæ йын сæ радта донимæ. Уыйфæстæ гæххæттын æхцатæ систа иу-цасдæр æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. 15
— Балхæнут ын мыдыбындзыты мыд æмæ йын зей сойагимæ дæттут чысылгай. Бинонтæ куыд раарфæ кодтаиккой уазджытæн, уый нæ зыдтой. — Нæ хъæуы, нæ хъæуы! Цæмæн хардз кæнут? — дзырдта Гаги. — Ницы кæны... Уымæй нæ фæмæгуырдæр уы- дзæн, айсут сæ,— загъта Орлов. Марго фыццаг хатт не ’ххуысс кодта Рæмонатæн, кæд Хадзымæтимæ сæ лымæндзинад цæй фæдыл уы- ди, уый нæдæр Гаги, нæдæр Леска зыдта, уæддæр. Фæлæ сæм Орлов йæхи хæстæг кæй дары æмæ «рæс- тæгмæ цæрджыты» сæрыл кæй’' дзуры (уый та Гаги иубон йæхæдæг федта), ууыл дис фæкæны арæх. — Дæ цæрæнбон бирæ, амондимæ фæцæр!..— ар- фæ кодта Гаги.— Ды куы нæ уыдаис, уæд иубон рын- чыны дæр не ’рхъуыды кодтаиккой, ныппырх нын код- таиккой нæ хæдзар. — Ныр кæм ис Хадзымæт? — афарста Николай. — Амырханимæ ацыд... Сæхи цæттæ кæнынц бал- цы ацæуынмæ. Цы дзьг æрхæсдзысты — нæ зонын. Сæхи æддæмæ тонынц мæ фырттæ, фæлæ сæ фæнда- раст ничи кæны... Мæнæ уый æвджид баззадыстæм,— ацамыдта Георгимæ, стæй æнкъардæй ныккасти рын- чын Гæбæцимæ. Николай æмæ Марго бирæ нæ афæстиат сты Рæ- монатæм. Хадзымæт куы нæ зындис, уæд цæуыныл ныллæууыдысты. 3 Цалдæр боиы рацыдаид, афтæ Амырханы фыд Дударыхъойы дуармæ æрлæууыдысты тæлæтгæнджы- тæ. Хъæуыхицау, йе ставд рæхыс йæ хъуырыл, кард 16
йæ фарсыл, афтæмæй пъырыстыфы фарсмæ тачан- кæйы бадтис. Семæ цыппар стражничы. Уыдон уæр- дæттæм хастой æрхуы тастæ, сынтæджытæ, бандæт- тæ. Рæтæнагъдтыл баст уыдысты хъуг, дыууæ уæны- джы æмæ иу род, тæлæт кæй ракодтой, ахæм фос. — Аст сомы ма дарынц Дударыхъотæ æмæ сæ уый аргъ исты рахæсс,— загъта къулерæн хъæуы- хицау, цавæрдæр гæххæтмæ æркæсгæйæ,— Соброны та ма иуæндæс сомы бафидын хъæуы... Къулер æмæ стражник ракодтой Дударыхъойы род æмæ уый дæр рæтæнагъдыл æрбастой. Соброн- тæй, рахастой æрхуы тас æмæ хъуывгъан. — Уыцы туаллаг йæхæдæг та кæм ис? — мæсты- хуызæй афарста хъæуыхицау. — Нæй ам... Горæтмæ, дам, ацыд,— дзуапп рад- та къулер, дзаумæттæ уæрдоны æвæргæйæ. — Æнаккаг! Уый та зæххы тыххæй хъаст кæ- нынмæ ацыдаид, — йæхи ноджы фæтардæр кодта хъæуыхицау æмæ та æртхъирæнтæ кæныныл схæ- цыд.—Цы ссара, уый фендзыстæм!.. Тæлæтгæнджытæ араст сты дарддæр æмæ Рæмо- наты дуармæ æрлæууыдысты. Гаги æнкъардæй бад- тис кауы рæбын дурыл. Леска лæууыд йæ цуры æмæ сагъæстæ кодтой: Хадзымæт балцы цæуы æмæ цы фæуыдзæн, куыд цæрдзысты зæрондæй сæхæдæг дæр? Сагъæстæй сæ сæртæ дзаг уыдысты æмæ æвип- пайды тæлæтгæнджыты куы ауыдтой, уæд фæтарс- тысты. — Рахæсс хъалон, — бадзырдта Гагимæ хъæуы- хицау.— Нудæс сомы, стæй ма пени цыппар аба- зийы... — Уæ рын бахæрон! — ризæгау скодта Гаги, тæ- лæтгæнджыты размæ бацæугæйæ,— иучысыл ма мын æмгъуыд раттут. Тыхст дæн ныртæккæ... 2 Хадзымæт 17
— Дзæгъæл æмгъуыдтæ дзы нал ис! — схъæр кодта хъæуыхицау, йæ хъамайы сæрыл фæхæцгæ- йæ.— Бузныг у, дæ хæдзар ма æнæ пырхæй кæй баз- задис, уымæй! — Дæ рын бахæрон, пъырыстыфæй мын ракур уыцы бар!.. Уæззау рынын нæм ис, зоныс æй. Лæп- путæй та ам ничиуал баззад. Нæй мæм фæкæсæг... Истытæ уын фæстæдæрмæ бамбырд кæндзынæн. — Швидковы хъуымæцтæ куы ластат, уæд уæм кусæг куы уыди! Æгъгъæд æмгъуыд у цалдæр азы хъалон æмæ фиддонтæ схицæн кæпынæи. Уалынмæ фæзындис Хадзымæт дæр йе ’мбæлтти- мæ. Хабар куы фехъуыстой, уæд разгъордтой Гаги- тæм æмæ сæ лæф-лæф цыди. — Цымæ хъæуыхицау æрмæстдæр адæмы бонæй- бон тынгдæр æфхæрынæн у? Хъæуы цæрджытыл нæ куы нæ нымайыс, зæхх куы нæ дæттут мæгуыр зæ- ронд лæгæн, уæд æй уæ хъалонты бын цы кæнут æдзух? — мæсты хъæлæсыуагæй дзырдта Хадзымæт хъæуыхицаумæ. — Дæумæ дзы дзырд нæ хауы!;. Дæ хъуымыз нырма дæ донгæмттæй кæлы! Ахæстоныдæкæй нæма бантъæрдтон, ууыл цин кæн! — фæтъæлланг ыл код- та хъæуыхицау. — Лæппу, ацу мидæмæ. Дæу иицы хъуыддаг ис, мæ сæрты ма пыхас кæн,— Гаги фездæхти йæ фырт- мæ, кæд дзы мид-зæрдæйы бузныг уыди, уæддæр. — Бирæ нал фестигъдзыстут адæмы,— бартхъи- рæн кодта Хадзымæт пъырыстыфмæ, Орловы ныхæс- тæ фæзмгæйæ. — Марадзут, æрцахсут æй! — адзырдта страж- никтæм хъæуыхицау. Хадзымæты алыварс хъаматæ æмæ кæрдтимæ ам- бырд сты йе ’мгæрттæ. Сыхы зæрæдтæ дæр бацы- 18
дысты пъырыстыфы размæ æмæ куырдтой, цæмæй ныххатыр кæна лæппуйæн, мæгуыр Гагийæн. — Сабыр лæппу у,— дзырдтой хисдæртæ. — Мах Хадзымæты ахæстоны кæнын нæ бауадз- дзыстæм!—хъæр кодтой фæсивæд хъæуыхицау æмæ пъырыстыфы нæмын æввонгæй. Хицæутты тас бацы- ди æмæ ницуал дзырдтой. Цалынмæ адæм тæлæт- гæнджытимæ загъд кодтой, уæдмæ къулер та цал- дæр стражникимæ Гагийы кæртæй рахастой ног гуыффæ æмæ йæ сцæйистой уæрдоны дзаумæтты сæр сæвæрынмæ. Хадзымæт уый куы ауыдта, уæд багæпп ласта пъырыстыфы размæ. Иæ фæдыл бабырстой Амырханитæ дæр. Стражниктæ сæм хæцæнгæрзтæ фæцарæзтой. — Ма ныццæвут! — багуылф кодтой зæрæдтæ ху- дайстæй. Адæм фæсабыр сты, стражниктæ^дæр т’оп- пытæ æруагътой. Гаги кауы рæбын сагъдауæй лæу- уыди, йæ урс сæр ныггуыбыр кодта, афтæмæй. Иæ бакастæй бæрæг уыди, йæ алыварс чи цы ми кодта, уый дæр кæй нал уыдта. Пъырыстыф æм фæком- коммæ, йæ бурхил даст сæрæй систа сырх бантджын фуражкæ, фындзыкæлмæрзæнæй асæрфта йæ хид, стæй стражниктæн загъта: — Ахæссут гуыффæ фæстæмæ. Фондз боны æм- гъуыд ма йын раттут, стæй уæд йемæ æндæр æвза- гæй адзурдзыстæм. Пъырыстыф йæ ныхас фæурæдта, дзагъул цæстæй бакасти Хадзымæтмæ, ахъуыды кодта лæппуйы æр- цахсыныл. Фæлæ уымæй адæмы тынгдæр кæй сыз- мæстаид, стæй йæхи афтæ ныфсджынæй’ чи баздæх- та ^аддзахы стражниктæ æмæ чиновниктæм, уый æн- цонтыл йæхи кæй нæ ратдзæн, уый бамбаргæйæ, йæ маст баурæдта. «Иæ бынат Сыбырыисæмæ йæ ссар- дзæн»,— загъта йæхинымæр. Хадзымæты йе ’мбæлт- 20
тæ иуварс акодтой. Тæлæтгæнджытæ ацыдысты æмæ уайтагъд тигъæй фæаууон сты, къæнцылары ’рдæм сæ ных сарæзтой. Уыцы бон нал фæзындысты иннæ уынгты дæр. Хъæуы алы рæтты диссагæн дзырдтой Хадзымæ- - ты сахъ хабар, пъырыстыф æмæ дзы хъæуыхицау куыд фæтарстысты, уый тыххæй. 4 Акъацитæ æмæ хæрис бæлæстæ кауы рæбынтæй алырдæм тылдтой сæ цъæх сыфтæрджын хихтæ. Цъиутæ куы иугæйттæй, куы дзыгуыртæй ратæх-ба- тæх кодтой кæнæ алы хъæлæстæй зарыдысты, бæ- лæстыл бадгæйæ. Тæргайдоны ’рдыгæй хъуысыди га- гукгæнаджы уасын. «Зæхх, зæхх!» — йæхинымæр дзырдта Гаги æмæ бахызти доны сæрты. Æрлæууыд дурын æмбонды цур. Цалдæр хидæйдзаг, ифтыгъд бæхы бастæй æу- уылдтой хосы муртæ. Гаги ацыди сæ рæзты йæ хъуы- дытимæ. Соброны кæрты астæу, сафран фæткъуы бæлæсты бын, лæууыди бирæ адæм, чи та бадти быруйы рэе- бын, хæдзары тыргъы æмæ ныхæстæ кодтой. Æрæджиау хæдзарæй тыргъмæ рахызти Соброн йæхæдæг, асæй рæстæмбис лæг, халас зачъеджын, йæ уæлæ цыбыр куырæт. Хорз зыдтоп хъæубæстæ Соб- роны. Йæ ныхас кæддæриддæр уыдис уæндон, йæ сæр никуы æргуыбйр кодта хицæутты раз. К/ьухæй дæоны, уазæгуарзаг, кæрдзындæттон. Уый йæ фæн- дыры цагъдæй, йæ тауырæгътæй арæх барухс кæны æфхæрд адæмы зæрдæ’тæ. Цымæ кæм ссардта ахæм ныфс? Чи зоны, ахуыргонд адæмимæ пыхас кæнын, 21
уыдонæй «зонд исын», кæй уарзта, йæхи загъдау, уый йын лæвæрдта хъару зын цардимæ тох кæны- нæн. Соброн æрлæууыд йæ хъæуккæгты раз бæлæсты аууон. Сау уæлдзарм худ систа йæ сæрæй æмæ ба- каст даргъзачъе зæронд лæгмæ. Уый уыди Калоты Естъа — Соброны курдиаттæ фыссæг, йæ хъæстытæ йын хицæуттæм хæццæгæнæг. — Хорз адæм! —загъта Соброн, йæ цæст адæмыл ахæсгæйæ.— Естъа уын бакæсдзæн . мæнæ ацы гæх- хæтт. Уый æрхастам окруджы хицæуттæй. Мах, вре- меннæйтæ, бирæ азты цы зæхмæ бæллыдыстæм, уый нын рацыд ныр Црауы. Хъæздыг зæхх у. Ис дзы дон. Хъæд — йæ фарсмæ. Терчы облæсты хицау нын нæ хъаст къорд хатты нæ айста. Фæлæ мæпæ Естъайы руаджы нæ фæндон нæ къухы бафтыд — уый йæ сы- згъæрин къухтæй гыццыл нæ бафæллой кодта нæ курдиаттæ фыссыныл. Уыцы ныхæстæм байхъусгæйæ, адæм базмæлы- дысты, кæрæдзийæн цины ныхæстæ кодтой: «Амонд- джын зæхх, амондджын царды бынат фæуæд! Р1æ фарн бирæ уæд Естъапæн дæр, мах тыххæй фыдæбон чи бакодта». Естъа бакастн гæххæтт... Уырдæм фæзындысты Орло’в æмæ йе ’мбæлттæ дæр,— Сабаз сæ æрбахуыдта сæрмагонд. Каурæбын лæууыдысты æмæ хъуыстой ныхасгæнджытæм. Соб- ронтæм, мыййаг, фыццаг хатт нæ сæмбæлдысты. Зæ- ронд лæг сын хорз зыдта сæ зæрдæты уаг æмæ сæ куы ауыдта, уæд йæ мидбылты æхсызгонæн бахудт. З^еххы хабар Орловæн æхсызгон уыди, фæлæ йæм ацы бои бæрæгбон нæ каст. «Нæ, нæ фервæздзысты мæгуыр адæм сæ хъизæмæрттæй хицæутты æххуы- сæй, афтæмæй не ссардзысты сæ амонд»,—дзырдта 22
йæхинымæр Николай Орлов. Æмæ та зæрæдтæй чи- дæр пъырыстыфы тыхмиты кой куы ракодта, уæд Николай йæхиуыл нал фæхæцыд, раздæр рацыд æмæ загъта: — Хорз адæм, махæн дæр æхсызгон у, мæнæ уын хæларзæрдæ Естъа зæххы тыххæй цы хорз хабар фехъусын кодта, уый. Хайыр зæхх уын уæд. Фæлæ уæхи амондджын хонынмæ нырма дард стут... Мæнæ, куыд зонут, афтæмæй, зæхх Æрыдоны цæрджытæн дæр ис, фæлæ цас «амондджын» сты, уый уæхæдæг зонут-: стражниктæ æмæ хъæуыхицауæй райдай æмæ сын суанг паддзахы онг хицау чи нæ у? Æнæбар, æфхæрд, тыхст, мæгуыр. Уæддæр алы бон хъалонтæ, стърæфтæ, бегаратæ... Æмæ дæ бон сдзурын дæр ма- цы уæд... — Афтæ у, афтæ, дæ рын бахæрæм, Микъала,— йæ ныхасмæ йын загътой чидæртæ. — Гъемæ, уыцы фыдмитæ æвзаргæйæ, хорз адæм, амонд паддзахæй æмæ уый фæсдзæуинтæй кургæ нæу, фæлæ йæ хи хъаруйæ байсын хъæуы. Паддзæх- тæ тæригъæд нæ зонынц, нæ сæм бахъардзысты уæ сагъæстæ, уæ маст. Апиарын сæ хъæуы! Стонын сын хъæуы сæ уидæгтæ! Æмæ, уæ зæрдæ дарут, тагъд æрцæудзæн ахæм фадат,— йæ ныхас фæци Орлов. Адæм исдугмæ фæхъус сты. Цыдæр тарстхуыз æмæ æнувыдæй кастысты семинары ахуЫргæнæгмæ. Уымæн йæ даргъ сæрыхъуынтæ йæ фæтæн ныхыл дыууæрдæм æруылæитæ сты, йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. Гаги йæм æввахс лæууыди æмæ цавæрдæр пыфсвидар æнгасæй йæ цæст адæмыл ахаста. æм- бæрста, Орлов йæхæдæр дæр, стæй йемæ цы фæси- вæд ис, уыдон дæр мæгуырты ныфс кæй сты, уый. Мидæгæй йæ зæрдæйы арфы та йæ фыртæн тарсти: Хадзымæт уыди йæ зондджыпдæр, йæ æхсарджын- 23
дæр лæппу, Орловы хæлар, фæлæ йæ нæ уырныдта, уыдон паддзахы бадомдзысты, уый. — Сæхуыдтæг æфхæрд баййафдзысты. Афтæ æн- цон нæу хицауы басæттын, — асæст хъæлæсæй сдзырдта Гаги, чысыл æддæдæр, Орловы чъылдым- мæлæууæг, Байаты Черменмæ кæсгæйæ. — Адæмы бон бирæ у,— дзуапп ын радта Чер- мен.— Хъуыды-ма кæныс, фæндзæм азы адæм Салы- гæрдæны хъæуыхицау Басийы-фыртæн йе ’фцæгæй йæ рæхыс куыд ратыдтой æмæ йæ куыд атардтой, уый? Кæнæ Чырыстонхъæуæй Бæтманы-фырты куыд фæлидзын кодтой! Ам, Æрыдоны та уæд сауджыны зæххытæ куы байстой... Афтæ уыди æгас Уæрæсейы дæр. Æмæ та ног тохы бонтæ æрбахæстæг кæнынц, удфидар ут,— хъæрдæрæй загъта Чермен. — Уый фыдбылызы фæнд у! — сдзырдта иу зæ- ронд лæг. — Хъæздгуыты мулк истам «бунты» рæстæджы æмæ ныр дæр ма нæ сæрæн нал стæм фиддонтæй,— загъта иннæ зæронд лæг. — Хорз адæм, уыцы ныхæстæ уал фæуадзæм,— бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Зæхх нын рацыд æмæ нæ, нæ хъæуы, зæгъгæ, куыд зæгъæм,—дзырдта Соброн адæммæ, цæмæй сæ быцæу фæуагътаиккой, уый тыххæй.— Абон нын бæрæгбон у. Мах æм рагæй æнхъæлмæ кастыстæм. Æмæ мидæмæ рацæут, мæ хæдзары бацин кæиæм нæ цины хабарыл. Райсом дæр нæхи у. Хæдзары уыдис фынгтæ арæзт. Цалдæр азы цы уæиыг фæхаста Соброн, уый артæвста. Ацы бонмæ скодтой бæгæны, арахъ, стъолтыл уыди алы бæрæ- чет: фыдджынтæ, уæлибæхтæ, дзидза... Соброы æмæ Естъайы фæдыл хæдзармæ цыдысты адæм æмæ куыд- хисдæрæй бадтысты бæркадджын фынгтыл. Хадзы- 24
мæтитæ райстой , цайдантæ æмæ фæлæууыдысты уырдыгыстæг. Æфсинтæ сын хъармæй хъарммæ хастой хæринаг, нозт. Иукъорд рæгъы фæстæ æрба- хастой хъисын фæндыр æмæ йæ Собронмæ радтой. — Нæ фыдæлты цæгъдтытæй нын исты акæн! — куырдтой дзы уазджытæ, фæснвæд. Зæронд лæг зи- вæг кодта, фæлæ ахæм цины рæстæджы йæ фæнды- ры цагъд æмæ тохы зарджытæ адæмæн куыд бахæ- лæг кæна?! Соброн бавнæлдта фæндыры хъистæм, йæ халас сæр чысыл рахизырдæм æркъул кодта, æмæ рæсугъд зæлтæ апырх сты хæдзары къуымты, кæрты... Куы-иу сæхи ныллæг æруагътой, æнкъард, æнтъыснæг са- гъæстæ æвдисгæйæ, куы та-иу бæрзонд стахтысты. Адæм æгуыппæгæй бадтысты æмæ хъуыстой зæр- дæбынæй. Сылгоймæгтæ къуымты къулбæрзæйæ лæу- уыдысты, фæндыры уынгæг хъæлæсы зыр-зырмæ сæ мæгуыры бонтæ сæ цæстытыл уадысты. Цыдæр æх- сызгондзинад-иу фæзынд сæ рыст зæрдæты, Соброн- иу фæндырæн хъырнгæйæ йæ хъæлæс бæрзонддæр куы систа, уæд: Фæсивæд, байхъусут зæроиды кадæгмæ... Мачи уæ кæнæд мæ куывды æнкъард, Ракæндзынæн æз мæ фæндырæй адæмæн Царды рæстады ’мæ амонды зард. Раджы мæгуыр лæгæн райгуырд нæ сау хæхты Иунæг нæртон лæппу — Фарн æй хуыдтой. Уайтагъд фыййау цæуын байдыдта Сау хохмæ. Айнæджы бæрзæндтыл фос-иу хызта. Мигътæ йæ алыварс цъититыл бадтысты. Хур æм-иу бакасти стæм хатт æрмæст. Цъититæй мигъты ’хсæн уаритæ тахтысты, Фыййауæн сæрвæтыл нал уыд бынат... 25
'Нæкæрон маст ын йæ зæрдæ куы басыгъта. Ацыд, ныууагъта уый сæрвæтыл фос. Æфцæджы бæрзондæй лæппумæ радзырдта Чидæр: дæ амопды хурмæ, дам, скæс! Уый у сæрибарыамондмæ цардсидæг,— Цу йæм æдасæй, у фидар, ныфсджын. Адæмы фарны лæг сау мигътæм бабырста, Скалдис йæ фæдыл йæ тохы цæхæр. Адæм дæр тохгæнгæ йемæ куы абырстой. Бирæ сæ нал хъуыдис, хуры цæст райсынмæ, Сахъ гуырд уæд фесæфт, йæ туджы мæцгæ. Адæм ын дарддæр йæ фидар ныфс ахастой, -Ссыдысты цин æмæ фарны бæстæм, Нал хъуысти сæрвæтæй ниуын, хъæрзын... Фарны ном базыдтой уарзонæй адæмтæ,— Фидæны амондджын цард æмæ цыт. Уымæй фæстæмæ куы сæрттывта айнæгыл Фарнæн æнæмæлгæ диссаджы цырт... Никуы ферох уыдзæн уыцы ном адæмæй: Алчи кæндзæни йæ хъазуаты зард. Фæсивæд, байхъусут зæронды кадæгмæ: Уый у — рæсугъддзинад, уый у — нæ цард... Зарæг адæм айстой сæхимæ æмæ рæсугъд хъуы- дытыл фесты, бæрзопд сæ систа йæ базыртыл. Цыма сæм сæ талынг цард ницыуал кастис, афтæ зынди. Фæсивæдæй алкæй дæр бафæндыд, зарæджы хъæ- батыр фарны лæджы хуызæн куы уыдаид, уый. Чер- мен йæ риуыдзаг сулæфыд, йæ уæнгтæ аивæзта, æмæ цыма Соброны зарæг айста, афтæ бæзджын хъæлæ- сæй ныззарыд Къостайы «Додой». Лæппутæ йын хъйрнынц, зæрæдтæ разыйы тылд бакæнынц сæ сæр- тæ. Зарæг та рæзы æмæ рæзы, хоны цавæрдæр амондджын фидæнмæ, худы тæппудтыл, кад кæны сæрибары сæраппондыл тохгæнæг фæсивæдæн...
Изæрмилтæ кодта, афтæ куывд райхæлд. Кæс- дæртæ афæстиат сты фысымтæм. Фæстаг хатт ма бадтысты æмгæрттæ иумæ æмæ сæ ныхас ацайдагъ ис. Тохы зарæг зæрдæты баззад, сомбоп ирддæрæй зынди. Бон- цъæхтæ кодта, Даргъ-Къохы станцæйы Чер- менитæ Марго, Хадзымæт æмæ Амырханæн фæнда- раст куы загътой, уæд. ЗЫНАРГЪ УАЗÆГ 1 Киров царди Дзæуджыхъæуы иу цыбыр нарæг уынджы, хуыдтой йæ Лебедевы цæхгæруынг. Чысыл хæдзары фыццаг уæладзыджы царди заводы кусæг, дыккаг уæладзыджы æртæ уаты та — цавæрдæр ме- щанин. Уырдæм цæуын хъуыди хицæн параднæ- йыл. Нарæг асиныл куы схизай, уæд рахизырдыгæй цы дыууæ уаты ис, уыдонæн сæ чысылдæры 1909 азы æрынцадис Киров. Фатер уыди студенты уаты хуы- зæн. Уыди дзы цъæх тынæй æмбæрзт стъол. Йæ уæ- лæ гуыбынджын цырагъ æмæ цалдæр юмы алыхуы- зон дзырдуаттæ. Къуымы этажеркæйыл — чингуытæ, йæ ныхмæ — хуымæтæджы æфсæйнаг сынтæг. Уаты къулыл—Цæгат Кавказы æмæ Ирыстоны картæтæ, кæд ныр фатерыбадæг Сергей Миронович Терчы бæс- тæ æнæ картæтæ кæнæ æнæ энциклопедийы æмæ эт- нографион чингуытæм гæсгæ дæр тынг хорз зыдта, уæддæр. Уый арæх зылдис Ирыстоны æмæ Кæсæджы хъæутыл, лыстæг каст адæмы цард æмæ æгъдæут- тæм, æмбæрста сын сæ хъыг, сæ бæллицтæ. Фæси- 27
вæдимæ массовкæтæ аразгæйæ, цуаны цæугæйæ, кæ- нæ та Хъазыбеджы сæрмæ хизгæйæ, Киров уымыты йæхи йæ зæрдæйы дзæбæхæн нæ ирхæфста: йæ алы къахдзæф дæр баст уыд йæ тохы нысанимæ, адæмы сомбонимæ. ...Ралæууыд 1911 азы рæсугъд, бæрæгбонхуыз фæззæг. Проспекты бæлæстæй, рог дымгæйæ тыбар- тыбургæнгæ, гæлæбутау, згъæлынц иугай сыфтæртæ. Киров йæ цæст ахаста проспектыл æмæ библиотекæ- йы дуарыл бахызт. Райста цавæрдæр чингуытæ, æрæ- вæрдта сæ стъолыл, фæлæ сызгъæрин фæззæджы нывтæ зæрдæйæ нæ хицæн кодтой æмæ стыр рай- дзаст рудзынгмæ йæхи байста. «Афтæ ивы цард дæр,— йæхинымæр дзырдта Киров, уынгмæ кæсгæ- йæ. — Рæстæг базырджын у, тæхы, ивы æрдзы нывтæ азæй азмæ... Фæлæ адæмы цард та? Уый кæдæй у бынтон ног хуызы рацаразинаг, раивинаг! Æрмæст Романовтæ адæмы сæргъы ныр æртæ сæдæ азы сты. Æртæ сæдæ азы!.. Нæй, нал ис уæгъды сафæн иу ми- нут дæр!» — балхынцъ кодта йæ хъуыдытæ æмæ йæ кусæн стъолмæ бацыд. Ныр цалдæр сахаты бады Киров библиотекæйы залы. Куы цыдæртæ фæфыссы, стæм хатт адауы йе стыр ных, цыма йын йæ фæллад асæрфы, уыйау. Æгæр куы афæллайы, уæд та фесты æмæ рудзынгæй акæсы бульвармæ. Библиотекæйы кусæг, хæдæфсарм, хæрзуынд чызг Мария йын рæстæгæй-рæстæгмæ йæ размæ æроахæс- сы ног чингуытæ. Киров арæх вæййы библиотекæйы, æмæ йын чызг хорз базыдта йæ зæрдæйы уаг. Æмæ мæнæ ныр кас- тис æмæ дис кодта, Сергей Миронович куыд аивта, уурл, Лæппуйы цæсгоммæ кæсгæйæ, Мария æмбæрс- та, уый цæуылдæр мæстджын кæй у. Æцæг дæр, хъа- 28
заг, хъæлдзæг, худаг Кировы уыцы бонты стыр маст уагътой, Думæйы Пуришкевич æмæ ’уый хуызæттæ цы митæ кодтой, уыдæттæ. Хъуамæ сын ахъаззаг цæф ныккæна: уый тыххæй фыссы ныр статья дæр, «Простота нравов», зæгъгæ... Хур æрныгуылди... Рудзгуыты æмбæрзæнтæй хъа- зыд фæззыгон рог дымгæ. Ничиуал уыди библиоте- кæйы. Æрмæст ма Мария цыдæртæ архайдта йе ’стъолы уæлхъус. Фæлæ уый дæр йæ кусæн дзаумæт- тæ аивта æмæ мæнæ сабыргай фæцæуы Кировы ’рдæм. — Цом, Серёжæ!—сдзырдта фæлмæн хъæлæсæй урсцъар тымбылдзæсгом чызг. — Цом, цом, Мария, мæ хур, фæдæн æз дæр мæ куыстытæ. Цом, — йæ бадæнæй фестгæйæ, загъта Киров. — Уый та газетмæ ныффыстай? — О... Памфлет ныффыстон, Машæ,— хъæлдзæг цæстытæй бакаст чызгмæ. Кировы хæлар худт, йæ цæстыты æхс’ызгон ферт- тывд æдзухдæр чызджы зæрдæйы арф хызтысты. Æмæ ныр дæр, уынгты йæ хæлары фарсмæ цæугæ- йæ, хъуыды кодта: «Æвæдза, цас хъару ис Серёжæ- мæ, куыд фидарæй тырны йе стыр бæллицмæ! Ца- вæр уырнындзинад æй бахсыста, чи йын радта ахæм ’тых?!» Æмæ дзы сæрыстыр уыди йæхинымæр. Киров разæигардæй дзырдта, фæстаг хатт ма Эльбрусы сæрмæ куыд схызтысты, уыцы хабæрттæ. Уайтагъд бахæццæ сты Маркустæм. Чызджы бинон- тæ бацин кодтой уазæгыл. Мария бонæй йæ куыстмæ ацæуыны агъоммæ дуканийæ дидинджытæ æрбахас- та æмæ сæ даргъ стъолыл, алыхуызон нывгæндтæ йæ фæрстыл кæмæн уыди, уыцы æрттиваг вазæйы ны- вæрдта. Стъолы алыварс бадтысты чызджы мад æмæ 29
фыд, йæ чысыл хо æмæ сæ хæрæфырт, гимиазы чи касти, ахæм лæппу. Фысымтæ æмæ уазæгæн бацайдагъ хæлар, æдыхст ныхас. Марияйы фыд мысыд йæ рагбонтæ. Киров сын ракодта сыбираг царды хабæрттæ. Уа- зæг, æрыгон уæвгæйæ, уыди, бирæ чи зыдта, ахæм. Уыимæ цыргъзонд адæймаг, æмæ дзы зæрæдтæ разы уыдысты. Уалынмæ йæ фысымтæн «хæрзæхсæв» загъ- та æмæ рацыд. Йæ фæстæ рацыдысты бинонтæ йууыл- дæр. Мария ма уынджы тигъы опг ссыди йемæ æмæ йын дзырдта: — Хъахъхъæи дæхи, Серёжæ... Тынг дын тæр- сын... Ныр дыууæ боны дæр пъæлицæ уæ редакцимæ æввахс разил-базил кæнынц. — Мæнæн ницы тас у, Машæ,— æнцад йæ мид- былты бахудт Киров, чызгæн ныфс æвæрыны тых- хæй. — Стырзæрдæ ма у!.. Уæд та æдзухдæр демæ куы уаин,— дзырдта Мария, Кировы къух райсгæйæ. — Уыдзынæ, Мария, уыдзынæ. Иумæ уыдзыстæм æз æмæ ды, мæнæ нæ хъуыддæгтæ куы фæрæвдздæр уой, уæд... Мария уыцы ныхæстæй фæхъæлдзæгдæр ис, фæ- лæ сæхимæ куы æрбацыд, уæд та Кировы хъысмæ- тыл хъуыдытæй фæстæмæ æрæикъард. Æмæ чызджы мæт дзæгъæлы нæ уыди: цалдæр боны фæстæ, Киров редакцийы йæ кабинеты газеты ног номыр куыд кас- ти, афтæ æваст дуар фегоми. Къæсæрыл бахызти пъырыстыф, йæ фæдыл — цалдæр жандармы. — Нæ кадджын паддзахы номæй ды ахст дæ,— йæхи фесхъæлгæпгæйæ, сдзырдта пъырыстыф. Киров газеты сыф æрæвæрдта иуварс, комкоммæ бакаст пъырыстыфмæ æмæ загъта æнцадæй: — Рæдиут! 30
— Нæ рæдийæм! Томск дæ ферох, æнхъæлдæн, мæ хæлар! Типографи дзы уæддæр нæ сарæзтай? — хин худт бакодта пъырыстыф. — Мæ фыны дæр дзы никуы уыдтæн. Типогра- фийæн дæр ницы зонын. — Костриков! — йæ хъæлæс фæбæрзонддæр код- та æрбацæуæг. — Æз Киров дæн! — загъта Сергей Миронович æмæ пиджачы риуыдзыппæй систа йæ паспорт. Пъы- рыстыф æй райста æмæ йæм кæсы. — Уый мæ хъуыддаг нæу,— сдзырдта пъырыс- тыф, паспорт йæ планшеты атъысгæйæ.—Мæнæн дзырд радтой дæу æрцахсыны тыххæй. Уыйфæстæ раст кæндзынæ дæхи. Ныр уал цом немæ! — æмæ жандармтæн ацамыдта йæ сæрæй. Уыдон кабинеты баджигул кодтой, фæлæ гуырысхойагæй ницы ссард- той. Уынджы куы фæцæйцыдысты, уæд иу тигъыл Ки- ров фездæхтис Маркусты хæдзармæ. — Кæдæм? — фæхъæр кодта жандармтæй иу. — Ам цæры ме ’мбал... Ауынон æй,—сдзырдта Киров æмæ бахоста рудзынг. Уайтагъд параднæйæ рауадис Мария йæ иударон цъæх дари къабайьь Жандармты куы ауыдта Кировы фæстæ, уæд фæцу- дыдта æмæ тарст хъæлæсæй сдзырдта: «Сергей!» Ки- ров ын йæ цонгмæ февнæлдта æмæ йæ хауын нæ ба- уагъта. — Ма мын тæрс,— загъта Киров.— Мæнæн ницы уыдзæн. Рæдийын сæ фæкодта чидæр. Чызг фæсабыр ис. Йæ цæстысыгтæ асæрфта, ба- касти та Сергейы цæсгоммæ æмæ кæуын хъæлæсæй дзырдта: — Куы дын дзырдтон, Сергей! — Æгъгъæд у! — тызмæгæй фæхъæр кодта хис- 31
дæр жандарм, чызг цы загъта, уымæ хъус не ’рдар- гæйæ. Киров хæрзбон загъта Марияйæн æмæ арасти. Мария азгъордта йæ фæстæ. Хъæрмæ йæ бинонтæ дæр ракалдысты уынгмæ. «Цы ’рцыди?»,— фарста фыд, чызджы пъæлицæйы фæстæ згъоргæ фенгæйæ. Фæлæ сæ зонгæ бæзæрхыгтæарæзт хæрзконд лæппу- йы куы базыдтой, уæд фегуыппæг сты: бамбæрстой, ахст кæй æрцыди, уый. Киров сæм фæстæмæ фæкас- тис, йæ къух сæм батылдта. Уалынмæ фæаууон ис пъæлицæимæ уынджы фæзилæны. Мария уынджьг астæу, хæкъуырццæй кæугæйæ, лæугæ баззад. Дыууæ мæйы Мария фæцыди ахæстонмæ, стæй йын иу бон загътой: — Дзæгъæлы мауал цу, дæ уарзоны дыи Томск- мæ арвыстой этапæй. * * # - Ралæууыд уалдзæг. Хуры хъарммæ Томскы го- рæты бонæй миттæ тадысты, изæрæй та йыл бадтис бæзджын мигъ. Ахæм вæййы Сыбыры мартъийы мæй. Киров ыл ахуыр уыд æмæ йæм ницы диссаг касти. Кæд зæрдæ ницæмæй рухс кодта, уæддæр-иу уый бацыд ахæстоны рудзынгмæ æмæ-иу бирæ фæкаст уалдзыгон æрдзы нывтæм. Бирæ бонтæ йыл аив- гъуыдта слесты фæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, тынг сфæлмæцыд. Фæлæ æрцыдис йæ тæрхоны бон. Иу- бон камерæйы дуар бакодтой, æмæ дыууæ салдаты Сергей Мироновичы аластой тæрхондонмæ. 1 — Дæ мыггаг Костриков у? — бафарста тæрхон- гæнæг, гæххæтмæ кæсгæйæ. — Нæ, уый мæ мыггаг нæу! 32
— Уæдæ типографи чи скодта Уржумы револю- ционертимæ? Томскы ахæстоны дæр куы бадтæ! — Æз Томскы никуы уыдтæн... — Ракæнут-ма æвдисæн Ляшковы! — адзырдта судья.—Уый цур басæтдзынæ... Нал хъуыды кæныс,. иухатт дæ чи æрцахста, уыцы пъырыстыфы! Киров дзуапп нæ радта. Тæрхондоны залмæ æрбахызтис пъырыстыф Ляш- ков, йæ цырыхъыты шпорæтæй зæлланггæнгæ. Ки- ров æм куы бакастис, уæд æй уайтагъд базыдта. — Зоныс ацы гражданины, господин пъырыс- тыф? — фæрсы судья. Пъырыстыф лæмбынæг бакасти Кировмæ, йæ бур рихитæ аздыхта. Æнæзонгæ лæджы сау, рæсугъд ко- стюм æмæ шляпæйыл ахаста йæ цæстытæ. — Н... н... нæу! Н... н... æй!—дзуапп радта пъы- рыстыф, йæ сæр батилгæйæ.— Уымæн ахæм интел- лигентон хуыз нæ уыди. Уый уыди æрыгон, чъизи дзаумæттæ йыл уыд... Шляпæ нæ дардта... Киров йæ мидбылты худт нал баурæдта. Тæрхоны лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты. Хъус- хъус цыдæртæ адзырдтой, стæй сыстадысты æмæ хи- цæн уатмæ ацыдысты. Дзæвгар рæстæджы фæстæ* судья рацыд æмæ фехъусын кодта тæрхондоны уы- наффæ: «Æргом аххостæ йæм кæм нæ разынди, уы- мæ гæсгæ Сергей Миронович Киров растгонд æрцæ- уæд». Киров фæстæмæ ссыди Дзæуджыхъæумæ. 2 Киров æмæ Мария ныр цардысты иумæ Лебедевы цæхгæруынджы. Сергей Миронович раздæрау куыста 3 Хадэымæт за
газет «Терек»-ы редакцийы. Нæ ныууагъта йæ рево- люцион куыст, йæ тох Думæйы ныхмæ;.. Цы статья райдыдта фыссын йе ’рцахсыны размæ, «Простота нравов», зæгъгæ, уый йын Мария йе ссыдмæ ба- вæрдта æмæ йæ æрæджы мыхуыры рауагъта. Статья цы номыры ныммыхуыр кодтой^ уый лæууы йæ цу- ры, стъолыл, Дзæуджыхъæуы бкруджы прокурор цы гæххæтт æрбарвыста статьяйы тыххæй, уыимæ. — Ногæй та мæ Сыбырмæ æрвитдзысты? — фарс- та Киров йæхи æмæ хъуыдытæ кодта, цы бакæна, ууыл.— Искуыдæм лидзæн нæй... Кусæг адæм, фæл- лойгæнæг хæххон адæмтæ змæлынц. Æмæ æз хъуа- мæ ам уон... Хъуыдытæ Кировы сæ базыртыл ахастой ив- гъуыд бонтæм; цы фыдбылызтæй фервæзтис, цы зын- дзинæдтæ федта революцион куысты, уыдон æрымы- сыд. Уаты дуар байгом ис, æмæ Марйя бахызти кар- зинкæимæ. Киров фестъæлфыди. Мария йæм бакаст. Цæуылдæр кæй тыхсы æмæ^æнкъард кæй уыди, уый бамбæрста. — Исты ног хабар ис, Серёжæ? — афарста Ма- рия, примус ссудзгæйæ. — Слест кæнынц статьяйы тыххæй,— газетмæ æр- кæсгæйæ, барæй худæндзастæй сдзырдта Киров.— Уыдтæн прокурормæ. Уый загъта: «Романовты пад- дзахдзинад кæнынылæртæ сæдæ азы кæй рацыди, уый бæрæгбонмæ манифест уыдзæы, æмæ дын ха- тыр уымæ гæсгæ куы нæ уа, уæд-иу макæй аххос- джын кæн»... — Уый та дын ног хъуыддаг! — загъта Мария зæрдæрисгæйæ... 34
3 Орлов æмæ Чермен бадтысты Маргойы афтечы. Æртæ æмбалы ныхас кодтой Кировы статья «Про- стота правов»-ыл. — Ныддæрæн кодта Пуришкевичты! Диссаджы хъæбатыр революционер у... Уый нæ’ сæргъы куы уа, уæд нæ ныфс æмæ тыхтæ рæздзысты бонæй-бонмæ,— дзырдта Орлов. — Паддзахы хъузæттæ дæр æнцад нæ бадынц,— загъта Чермен. — Революцион змæлд тыхджындæр кæны алы рæтты, æмæ пъæлицæ дæр йæ куыст мах архайды ныхмæ сарæзта. Дысон Угъалыхъ æмæ Тотрадзы акодтой. Мах дæр сæ уæдæ ’рох куыд уы- дзыстæм... — Уый тыххæй нæ тох ныууадзæм? Нæ, хъуамæ æнувыддæрæй бавналæм адæмимæ кусынмæ, æмба- рын кæныи сын хъæуы, мах цæмæн ахсыиц, уый ми- дис дæр,—сдзырдта Орлов.—Цæуæм Дзæуджыхъæу- мæ, Костриковы фепæм, куы суæгъд ис, уыйфæстæ йæ куы нæма федтам. Уый нын зæгъдзæн, цы кæ- нын хъæуы, уый. Ацы статьямæ дæр дзæбæх лæм- бынæг æркæсын хъæуы. — Костриков та кæй хоныс? — дисгæнгæйæ йæ бафарста Чермен. — Сергейы,— загъта Марго. — Киров йе ’цæг мыггаг нæу? Цæмæн рахуыдта йæхи афтæ? — фарста Чермен. — Нæ рæстæг ахæм у. Уый та, куыд уыныс, аф- тæмæй, хуымæтæджы революционер нæу. Ныр дæр ахсгæ Костриковы æркодтой. Нæ фæдыл зилынц... Орлов газеты атыхта йæ гæххæттытæ æмæ загъта: — Æрæджы кæнæм... Цæуын хъæуы горæтмæ... Дæлæ кæсут, уæрдон æрбацыди,—ацамыдта рудзын- 36
гæй Сабазмæ.— Дысон Собронтæм Верайы чындзæх- сæвы Сабазимæ баныхас кодтон уæрдоны тыххæй. Даргъ-Къохы онг æрмæст... — Цу, уæдæ. Ды раст зæгъыс — цæуын хъæуы,— йæ кепкæ акæнгæйæ, загъта Чермен бæзджын хъæ- лæсæй. Орлов йæ плащы хъуырбосы къæндзы авæрдта æмæ уынгмæ рацыд. Йæ фæстæ рахызтысты Марго æмæ Чермен дæр. Орлов Сабазы фарсмæ разæй Га- гийы сконд хъæдын уæрдоны фæйнæгыл æрбадт. Ех- сы февзыстмæ бæх фестъæлфыд æмæ рог асирдта бульвары рæзты дæлæрдæм. Чермен æмæ сæм Мар- го сæ фæстæ къухтæ тылдтой, цалынмæ тигъæй Тæр- гайдоны ’рдæм фæзилæнæй нæ фæаууон сты, уæдмæ. ХÆСТЫ РÆСТÆДЖЫ 1 . Адæм стыхстысты сæ цардæй: мæгуыр, æнæ зæхх; æнæ исты бартæй. Ноджыма бæстæйы удхортæ ра- сидтысты хæст, æмæ фæсивæд æдзардæй сæ туг калдтой, бухъцард чи кодта, уыдоны сæраппонд. Германы фронтæй æппынæдзухæй ластой цæфты. Цал æмæ цал хæдзары бацарæфтыд, цал æнахъом сабийы баззад æвæгæсæгæй, æнæдарæгæй. Хæстæн та йæ кæрон нæма зынд. Соброн æмæ Гаги дæр иал уыдтой сæ хъахъхъæ- нæг, сæ бартыл тохгæнæг Орловы, нал уыдтой ’Ха- дзымæты, Амырханы æмæ сæ мысыдысты сæ алы тыхст сахат, сæ алы бæрæгбоны, алы æмбырды æмæ куывдыдæр., 37
Лæппутæ Бакумæ куы ацыдысты, уæд ма-иу сæ хабар уыди, кæд бинонтæ бæлвырд нæ зыдтой, цы куысты л.æуд сты, уый, уæддæр. Фæлæ ацы æнамонд >.æсты цы баисты, уымæн æппындæр ницы зонынц, æмæ сын сагъæстæ баууылдтой сæ риутæ. Сабаз æмæ Бечмырзæ алыгъдысты хæстæй, искуы-иу хатт фæ- зынынц, дзурынц, хæст фæллойгæнджыты фыдбылыз у, зæгъгæ, фæлæ дзы ацу æмæ фервæз, ссар дæ хъæ- булты. Зæрæдтæ æмбарынц сæ æдыхдзинад, æмæ сын уый у уæлдай зæрдæниз. Иу мæйдар æхсæв та Сабаз æмæ Бечмырзæ æр- цыдысты хъæдæй. Æхсæв-бонмæ фæбадтысты Рæмо- наты Хадзымæттæм, стæй та Ботъоты Амырхантæм. Бон цъæхтæ код’та, афтæ рахызтысты дуарæй. Хæ- дзары алыварс ауыдтой пъæлицæйæгты, топпы дзых- тæ сæм алырдыгæй ныддардтой. «Нал аирвæздзыс- тут, абырджытæ,— дзырдтой уыдон.— Цытджын пад- дзахыл гадзрахатæй рацыдыстут...» — Уæ гæрзтæ æрæвæрут! — хъæр кодта .. афи- цер. Сæ уавæртæ нæ амыдтой пъæлицæйы ныхмæ схæ- цын, æмæ дыууæ «абырæджы» сæ гæрзтæ æрæвæрд- той. Пъæлицæ сæм баджигул кодтой, стæй сæ атард- той Дзæуджыхъæумæ ахæстонмæ. Сау стыр хæдзары æртыккаг уæладзыджы иу егъау камерæйы ахст адæмæй къух бакæнæп нæ уыд. Æмæ кæцон лæгыл нæ сæмбæлдаид адæймаг уым! Сæ хъысмæт сын кæд алыг кæндзæн хæстон тæрхон- дон, уымæ æнхъæлмæ кæсынц сеппæт дæр. Рæстæг сын ис æмæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ кæпынц. Тауырæгътæ, аргъæуттæ, хæсты хабæрттæн нæй фæуæн, æмæ афтæмæй се ’нкъард бонтæ цыбыр кæ- ’нынц. Бечмырзæ дæр сыи дзырдта, Турчы арæнтыл куыд службæ кодта, хæстмæ йæ куыд акодтой, стæй 38
уырдыгæй æрцæугæйæ, ахæстонмæ куыд ’бахаудта, уыдæттæ. Фæлæ слестæн фæуæн нал æмæ нал уыди. Тыхсы йæхимидæг, цы чындæуа, зæгъгæ. Фæстагмæ Бечмырзæйы дæр кæртмæ уадзын райдыдтой. Марз- та-иу ахæстоны стыр даргъ ’тыргътæ æмæ афтæмæй чннæ камерæты цы ахæстытæ бадтис, уыдонæй кæй- дæртимæ базонгæ. Сæ фылдæр уыдысты йæхи хуы- зæн политикон дезертиртæ æмæ революцийы тыххæй ахст чи уыд, ахæмтæ. Иубон та тыргътæ куыд марз- та, афтæ йæм иу даргърихи, фæлурс, кт^есхуыр лаэг’ бацыд, бирæ йæм фæкасти, стæй йæ бафарста’: — Кæцон дæ? — Ирон... — Кæцы хъæуæй? — Æрыдонæй. — Уæдæ Рæмонаты Хадзымæты нæ зоныс? ,— Зонын. — Амырханы æмæ Маргойы та? — Ботъоты Амырханы зонын. Фæлæ Марго чи у?.. — Афтечы цы чызг кусы, уый. Цымæ цы фæци? Бечмырзæ ахъуыды кодта, стæй загъта: — Саулагъз нæу? — О. — Зонын æй... Кæцæй сæ зоныс афтæ бæлвырд?— дисгæнгæ бафарста Бечмырзæ, йæ цъылын иуварс æрæвæргæйæ. — Æз уым семинары ахуыргæнæгæй куыстон... Уыдоны дæр хорз зонын. — Хæсты сты... Чызгæн ницы базыдтон... Æз та — дезертир,—загъта Бечмырзæ æмæ бахудти. — Фæсивæд хæсты сæфыпц дзæгъæлы. Ам дæр дзы ’бирæ ис... Хъуамæ хæст тагъд банцайа, æмæ адæмтæ рæсугъд, уæгъдибар цард райсой... Фидар лæуу ды дæр,— ныфсытæ æвæрдта æнахуыр лæг 39
Бечмырзæйæн, фæлæ йæ хъуыдытæ æххæстæй иал фæци дзырд. Тыргъæн йæ иннæ кæронæй фæзынди надзиратель Алехин. Ахæст, йæ камерæйы фарсмæ цы хуийæн мастерской уыди, уырдæм бацыди,—уым куыста фæст’аг рæстæг. Бечмырзæ дæр йæ цъылын райста æмæ та, йæ ног зонгæйы ныхæстыл хъуыды- тæ кæнгæйæ, тыргътæ марзта..: Бирæ бонтæнæ рацыди, афтæ та сæмбæлдыстьк Ныр сæ ныхас бахастой мастерскоймæ. — Бахатыр кæн... Æз дын мæхи бацамыдтон, фæлæ мын ды дæр дæхи куы бацамонис,— йæ цъæх цæстытæм ын бакæсгæйæ, бафарста Бечмырзæ. — Æмæ дæ цæмæн хъæуы мæ ном? — æххæстæй йыл не ’ууæндгæйæ, ахст лæг загъта Бечмырзæйæн,— Хадзымæты кæнæ Сабазы бафæрсдзынæ... — Цы æмбæхсинаг у? Хадзымæтæ’н æмæ Саба-. зæн хæлар чи у, уый мæнæн дæр исчи нæу... Лæг æдзынæг бакасти Бечмырзæмæ. Уый феф- сæрмыгомау ис. Йе ’взист роны æргъæвджытæм æр- касти æмæ загъта: — Ацы æвзистыардыстæн, æз гадзрахатæй никуы рацæудзынæн æмбалыл, уæлдайдæр Хадзымæты чи зоны, ахæмыл. Уый мын нæ баззад мæ фыдæй. — Æрыдоны мæ Орловæй зыдтой. — Орлов? — бакодта Бечмырзæ.— Уæдæ хæлæрт- тæ уыдзыстæм,— балхынцъ кодта йæ ныхас æрыдой- наг ирон. Орлов æм бирæ фæкасти, стæй йæ хъазгæ- йæ афарста: — Хадзымæты зоныс, фæлæ Къостайы нæ зоныс, хорз гуырд? — Ау, Къостайы та чи нæ зоны?.. — Хъæбатыр уыди, æвæдза... Нæ тарсти мæлæ- т&й... ахæстонæй. Мæ зæрдыл æдзухдæр лæууынц нæ ныхæстæ: 40
...Я не боюсь разлуки и изгнанья, Предсмертных мук, темницы и цепей. Везде для всех я песнь свою слагаю, Везде разврат открыто я корю И грудыо грудь насилия встречаю И смело всем о правде говоркь. - Орлов акасти мастерскойы къуымтæм;. рудзгуыты талынг решёткæйыл йæ цæстытæ куы андзæвыды- сты, уæд йæ цæсгом фæтар æмæ та райдыдта: В тюрьме ясней мне чудится свобода, Звучнее песнь с бряцанием цепей; В изгнанье я дороже для народа, Милее смерть в безмолвии степей. Ахст адæм æм хъуыстой æнувыдæй, сæ зæрдæтæм арф хызтысты ныхæстæ. Ам, искуы иу адæймагæй фæстæмæ, фыццаг хатт хъуыстой Къостайы æмдзæв- гæйы ныхæстæ. Иутæ æппындæр нæ зыдтой, Къоста чи уыдис, уый. Æмæ сын Орлов радзырдта мæгуыр адæмы сæрыл хъæбатыр тохгæыæг, æхсидгæзæрдæ революцион поэт Хетæгкаты Къостайы намысджын царды тыххæй. — Гъе уый хъæбатыр хæххоп цæргæс уыди, гъе! — сдзырдта чидæр. Адæмы æнгасыл йæ цæст ахæсгæйæ, Орлов бам- бæрста, Къостайы цард æмæ æмдзæвгæйы ныхæстæ уым уæвджытæй бирæты зæрдæты ног ныфс кæй бауагътой, уый, æмæ йæхи зæрдæ дæр фæрухс- дæр ис: Бечмырзæ уыцы æхсæв æрæгмæ бафынæй: уый хъуыды кодта, кæм федтон Орловы, зæгъгæ... 41
2 Хуры тынтæ рæвдауынц æрдз. Райдзаст быдыртæ сæрдтывтой цъæх-цъæхидæй. Хæхты оæрмæ иугай ми- гъы къуымбилтæ урс дарынц, æмæ афтæ зыны, цыма айнæг къæдзæхтæй фæздæг кæлы. Æрдз райхъал, фæлæ ахст адæм хайджын не сты уымæн йæ рæ- сугъддзинадæй. Орлов ахæстоны рудзгуыты бып би- рæ фæбадт, "стæй райста хъæбæр гæххæтт æмæ ца- вæрдæр хуыз аразын райдыдта. Бечмырзæ йæм æдзынæг кастис æмæ дис кодта уый зонд æмæ арæхстдзинадыл. Тынг слымæн сты, кæрæдзийæ ницыуал сусæг кодтой., — Ацы куыйтæ нæ цагъары къæлæты бып бирæ пал фæдардзысты,— сдзырдта Орлов, ахæстоны <хи- цау Ивановы кабинеты ’рдæм ацамонгæй-æ. Цыма йæ коймæ фæзынд, афтæ уалынмæ кæрты йæ хъузæттимæ æрбацæйцыд Иванов. Уыди куадзæ- ны фыццаг бон, æмæ хицæуттæ æрбацыдысты ахæс- тон уынынмæ. Разæй цыд Иванов, йæ фæдыл — йæ хæдивæг Сничков, стæй надзиратель Алехин. — Басидут ма Орловмæ!—Сдзырдта Иванов йæ фæсдзæуинтæм. Æрбакодтой Николайы. — Ды ардауыс ахст адæмы хицауады ныхмæ! — схъæр кодта Иванов, стæй фæдзырдта хъахъхъæн- джытæм: —Акæиут æй талынг къарцмæ! Орлов бамбæрста, сусæг агенттæй йын чидæр йæ ныхæстæ кæйх бахаста Иваповмæ. Схуыстытæгæнгæ пæ акодтой къарцмæ. Бечмырзæ æнкъард кодта. Мысыд Николайы. Мысыд ын йæ ныхæстæ: «Ацы куыйтæ иæ цагъары къæлæты бын бирæ нал фæдардзысты»... Æмæ йæ уырныдта, уыцы бон тагъд кæй æрцæудзæн, уый... 42
ДЫУУÆ ТЫХЫ 1 Æвддæсæм аз. Райдзаст уалдзæг скодта. Ауры хъарм тынтæ æфхæрд зæрдæты циндзинад уагътой. Адæмы уырныдта, тагъд сæ тухитæ кæй фæуыдзы- сты, *уый. Германы æмæ Турчы фронттæй сæ хæ- дзæрттæм æрбаздæхтысты ирон фæсивæдæй бирæтæ. Иу хур бон Хадзымæт дæр афицеры пъагонты, цъæх цинелы, фондзæхстон топп йе ’ккой, хызын æмæ планшет йæ фарсыл, афтæмæй æрхызт Даргъ- Къохы станцæйы перроны. Акæстытæ кодта йæ алы- вæрстæм, фæлæ иу зонгæйыл дæр йæ цæст не ’рхæ- цыд æмæ уæд фистæгæй фæраст сæхимæ, Æры- донмæ. Цъæх нæуу быдыртæй, арф кæрдæгæй цъыр-цъы- рæгтæ æмæ дзынгатæ алы æвзæгтæй уасыдысты, Бе- хъаны хъæдрæбынтæм æввахс фæндагыл цъиутæ йæ сæрмяе, бæлæсты къалиутыл бадгæйæ, гъе та уæл- дæфы сæрбихъуыргёйттæгæнгæйæ, алыхуызон зар- джытæ кодтой. Хадзымæт зæрдæхъæлдзæгæй кастис йæ зонгæ тыгъд быдыртæм, Тæргайдонмæ, урссæр хæхтæм. Тар æхсæвты акъоппыты бадгæйæ, уынгæг тохы са- хæтты уый æдзухдæр мысыди райгуырæн бæстæ. Хатгай-иу æй уырнгæ дæр нал кодта, искуы ма йæ хъæубæстыл сæмбæлдзæнис, уый, уæлдайдæр та хъазуат хæстыты заман. Ныр цæуы йæ хъæумæ, Æрыдонмæ, йæ сабийы бонтæ кæм арвыста, фыд- цæрдтытæ кæнгæйæ; уырдæм, фæлæ ма æгасæй бай- йафдзæн йæ мады, йæ фыды, йе ’фсымæрты, уый йæ нæ уырны: уæззау бонтæ скодта адæмыл. Изæрмилтæ кодта, афтæ бахæццæ Æрыдонмæ. 43
Дардæй йæм разындис йæ фыды кауынкъул, хъæм- пынсæр хæдзар æмæ йæ зæрдæ ауынгæг. Бирæ цинтæ, бирæ ныхæстæ фæкодтой бинонтæ. Мадч лæмбынæг хъуыста йæ фырты ныхæстæм. Лескайы æмпылдтæ къæсхуыр рустыл æрттывтой цины цæстысыгтæ. Йæ фыд Гаги, йæ къæдз лæдзæ- гыл æнцойгæнгæйæ, дзырдта: — Рæстæг змæст у. Царды ад нæ бамбардзæн адæймаг, æдзух рахау-бахау куы кæна, уæд. Хæдза- ры æрбад. Бинонты амал дæр бакæн... Хадзымæт ныхъхъус и. Йæ бæзджын сау æрфгуы- ты бынæй кастис кæртмæ чысыл фæрссагæй. — Нал ис цагъар цард сæрмæ хæссæн. Нæй мын æнцад бадæн. Тохы та æгады мард нæ акæндзыпæн.4 Уæ,зæронд сæртæ уын иæ фæхудинаг кæндзынæн,— загъта æрæджиау сабырæй Хадзымæт. Зæрæдтæ æруагътой сæ урс сæртæ. Сæ зæрдæтæ нынкъард сты Хадзымæты æнахуыр фæндтæй. «Цар- дæй ницы бахæцдзæн ауыл дæр,—хъуыды кодта 1'а- ги,— хивæнд у рагæй дæр». Хадзымæт хæдзары къуымты азылди. Нæ феи- дæрхуызон ис бинонты цард’,— фыццагау уазал зæх- бынкъуымтæ, афтид хæдзар, æнæ хор, æнæ фос... Мæлæт хуыздæр у, мæлæт, ацы царды бæсты,— ахæм хъуыдытимæ бафынæй Хадзымæт йæ фыды хæ- дзары. Райсомæй бæлццоп йæ дарæс æхсадæй, итувæр- дæй, йæ цырыхъытæ сыгъдæгæй куы ауыдта, уæд афарста Лескайы: — Куыд тагъд сæ арæвдз кодтай, нана? — Хæйрæг сæ дысон адавта æмæ сæ абон сæу- •мæцъæхæй итувæрдæй æрбахаста. — Хæйрæг та кæй хоныс? — Иузæрдион дыл чи у, уый,— йæ мидбылты ба- 44
худт Леска.—Уый мæ рæвдыдта хи хъæбулау, уый нæм зылди дæ фæстæ... — Чи, чи? — Фаризæтæй зæгъын... Хадзымæт ахъуыды кодта, стæй та бафарста: — Йæ фыд Мурат та кæм ис? — Ам ис уый дæр. Æрæджы ссыди хæстæй. Нæ йæ уарзы чызг: æнæхатыр, фыд-зæрдæ, дам, у. Фæ- лæ уæддæр афицер сси... Бонджын сты... Чызг йæ фыды хуызæн нæу. Хæларзæрдæ у, хиуылхæцгæ, ахуыргонд... 2 Хадзымæты кой айхъуыстй хъæубæстыл. Рæмо- натæм сыхæгты устытæ æмæ лæгтæ арфæтæ кæнын- мæ цыдысты. Æмбырдтæ кодтой бæлццоныл сывæл- лæттæ дæр. Йе ’рттиваг пъагæттæм ын кауы хуын- чъытæ æмæ дуæрттæй кастысты чызджытæ. Фæлæ уыдон цæмæй зыдтой, Хадзымæты цæсты æрттиваг пъагæттæ æмæ цинтæ кæй ницы сты; цæмæй зыд- той, йæ риуы большевичы зæрдæ кæй æхсиды! Цыдысты бонтæ. Æмæ адæм æмбарын райдыдтой ’Хадзымæты зæрдæйы хатт, йæ зондахасты цы ног миниуджытæ фæзынд, уыдон. Æргомдзырд, ныфсхаст лæппуйæ рахъомыл, арф зонд кæмæ уыд, царды йæ риуæмбæрц чи цæуы, ахæм лæг. «Нæртон гуырд разынд йæ фырт Гагийæн, йæ бо- нæй уа!» — дзырдтой хъæуы зæрæдтæ. Хадзымæт зылди йæ зонгæтыл. Арæх цыди Тæр- гайдоны былтæм. Мысыди йæ сабийы бонтæ. Æцæ- гæлоны цард кæд фæкодта чысылæй Æрыдоны, уæд- дæр æй бирæ уарзта. Ам фæци каст скъола. Ам фæ^ 45
лымæн Орлов æмæ Черменимæ. Тотырадзыл ам са- хуыр ис зарыныл, Угъалыхъылта — чингуытæ кæ- сыныл. Йе ’мбæлттæ ныр алы рæтты сты, фæлæ цы ног дугмæ бæллыдысты^ уый æрхæстæг, хъæуы йыл карз тох кæнын. Уый тыххæй та хъуыди, фидарæй кæуыл æууæнда, ахæм революционерты къорд са- разын. Хадзымæт арæх цыди сыхаг хъæутæм. Фæсивæд ын кæмдæриддæр æгъдау лæвæрдтой, цин ыл код- той. Фæлæ сын сæ фылдæры хорз нæма зыдта æмæ зæрдæ тынгдæр дардта йæ рагон хæлæрттыл. Знон дæр сæм æнхъæлмæ касти ам, сæхимæ, фæлæ сæ ничи фæзынди. Ныр æм хуыссæнуатмæ Бечмырзæ æмæ Амырхан куы æрбацыдысты, уæд рабадтис йæ сынтæджы. Æмгæрттæ йæ сæ хъæбысы ныккодтой, стæй Хадзымæт тагъдгомау акодта йæ дарæс, æрых- садта йæхи, æмæ æртæйæ дæр стъолы уæлхъус æр- бадтысты. Орловимæ сын ахæстоны _цы фыдмитæ бавзарын кодтой, уый куы радзырдта Бечмырзæ, уæд Хадзы- мæт зæхмæ бирæ фæкаст. Æрæджиау йæ сæр бæр- зонд систа, йæ саулагъз цæсгомыл ферттывтой йе стыр цæстытæ æмæ загъта: — Цæуæм Дзæуджыхъæумæ... Цæмæй не знæг- ты абырсæм, уый тыххæй хъуамæ нæ тыхтæ баиу кæнæм, большевиктимæ нæхи æнгом сбæттæм æмæ уыдоны разамындæй иумæ архайæм. Æрмæст уæд фæуæлахиз уыдзыстæм, æрмæст уæд фервæздзыстæм нæ зын цардæй. — Уый раст фæнд у,— загъта Амырхан.— Æр- мæстдæр Дзæуджыхъæуы большевикты æххуысæй бауыдзæн нæ бон контрреволюцион афицертимæ тох кæнын. Марго иыи баххуыс кæндзæн уыцы хъуыд- даджы... Æрæджы Дзæуджыхъæуы уыди. Киров, 46
дам, уым ис, Чермены æмæ Цæголты Георгийы дæр федта... — Цæуæм!-— сразы Бечмырзæ дæр. — Хуымæтæ- джы нæ базмæлыдысты урс афицертæ ацы фæстаг рæстæджы. —, Фенæм уал уæдæ Маргойы,— загъта Хадзы- мæт,, йæ цинел йæ фæтæн уæхсчытыл æрбакæнгæйæ. — Нæма йæ федтай? — афарста йæ Амырхан. — Нæма... Уынгмæ рахызтысты æмбæлттæ. Æвæджиауы бон та скодта. Хур куы урс æврæгъты аууон амбæхсы, куы та ракæсы æмæ бæстæ ныррухс кæны. Хадзы- мæтæн йæ зæрдæ ради йæ райгуырæн бæстæйы ху- рырухс æмæ сыгъдæг уæлдæфæй. Æнæдзургæйæ цы- мыдисæй кастис’ йæ алывæрстæм — хæдзæрттæм, до- ны былтæм. Бульвармæ бахызтысты æртæйæ дæр. Афтечы дуар æмæ Маргойы уаты рудзгуытæ гом разынды- сты. — Сæхимæ ис Марго,— сдзырдта Хадзымæт æмæ мидæмæ бараст. Хадзымæт æмæ Амырханыл уыди афицеры да- рæс, Бечмырзæйыл та цъæх тынæй цухъа, сау уæл- дзарм худ, нарæг астæуыл ироп рон баст, цæхæртæ калдтой йæ хъама, æмæ маузер. Марго ракасти уаз- джытæм. Фыццаг фæджих ис: пал базыдта Хадзы- мæты. Стæй йыл йæхи баппæрста, уарзон хойау. Иæ саулагъз цæсгом фырцинæй туджы разылди. — Алыбон æгас цу, Хадзымæт. Æгайтма сæрæ- гасæй сыздæхтæ. Николайæн дæ уынд куыд æхсыз- гон уыдаид! — Дæ хæрзæггурæгаг мæн, Марго! — загъта Беч- мырзæ.— Орлов æгас у. Æз йемæ ахæстоны сæм- бæлдтæн... 47
— Уый æцæг у? — Æгас у, æгас! Хадзымæт æмæ йе ’мбæлттæ ныхæстыл фесты. Сæ цины уынæрмæ Маргойы уатæй рауадис Фари- зæт. Чызг фефсæрмы ис, æнæнхъæлæджы Хадзымæ- титы куы ауыдта, уæд, æмæ фæстæмæ балыгъди уат- мæ. Хадзымæт бахызтис йæ фæдыл. — Цæмæн лидзыс махæй, Фаризæт?—загъта Ха- дзымæт æмæ йын райста йæ къух. Фаризæт фырæф- сæрмæй ныссырх, нал арæхсыди дзурынмæ дæр. Фæндыд æй исты зæгъын, фæлæ куыддæр тыхстис. Чызг касти Хадзымæты уæхсчытæм æмæ йæ дызæр- дыджы æфтыдтой афицеры пъагонтæ: ахæм æнхъæл нæ уыд Хадзымæтæн. — Цы хабæрттæ дæм ис? — фарста йæ фæлмæн хъæлæсæй Хадзымæт.— Бузныг дæ дæн, Фаризæт, мæ мады мын кæй рæвдыдтай, уый тыххæй. Рох нæу уый... Куыдтæ стут, цы ми кæны дæ фыд? Фаризæт нал баурæдта йæхи: — Зоныс æй дæхæдæг дæр. Карз æмæ зындзырд адæймаг у мæ фыд... — Йæ хабæрттæ мын кодтой, бопджыытимæ, дам, йæхи сбаста,— уайдзæфгæнæгау загъта •Хадзымæт.— Адæм та махмæ æнхъæлмæ кæсынц... Бирæ фæхъуыста Фаризæт Хадзымæты рæвдауæн, зондджын иыхæстæм. Йæ зæрдæ суынгæг,— чызджы цæстысыгтæ æрттывтой йæ урсцъар цæсгомыл, диди- нæгыл райсомы хуры тынтæм æртæхтæ куыд фертти- вынц, афтæ. Цæссыгтæ цыма чызджы уарзондзинады нысан уыдысты, афтæ касти Хадзымæтмæ æмæ ма загъта: — Ма тыхс... Ды аххосджын нæ дæ. !Хадзымæт ма цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ сæм Марго æрбадзырдта: 48
— Цы сусæг ныхæстæ кæнут уым къуымы? Уалынмæ иннæ уазджытæ дæр бахызтысты ми- дæмæ. — Кæд дæм горæтмæ цæуыивæнд ис, Хадзымæт, уæд дын æз Кировы адрис ратдзынæн... Александров- ский проспекты библиотекæмæ бацу, кæнæ газет «Те- рек»-ы редакцимæ. Уым ссардзынæ Кировы дæр æмæ Цæголты Георгийы дæр. 3 Александровский проспекты библиотекæйы иу стъолы уæлхъус бадти тымбылдзæсгом æрыгон лæг æмæ цыдæртæ фыста. Кæсæицæстыты сызгъæрин рæхыс ауыгъд уыд йæ хъусыл, æмæ-иу куы æрхауд, уæд-иу æй, йæ ’куыст нæ ныууадзгæйæ, фæсхъусмæ систа. Библиотекæйы бирæ адæм нæ уыд, æмæ Хадзы- мæт куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ фемдзаст уы- цы лæппулæгимæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Мар- гойы ныхæстæ Киров æмæ Цæголты Георгийы тых- хæй. Раст. Георгийы хуызæн у уæртæ уыцы æрыгон студент, Маргойы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ, ахъуы- ды кодта æмæ йæм комкоммæ бараст. — Бахатыр кæн, æфсымæр, хъыг дæ дарын... Фæ- лæ, цыма нæ рæдийын... Цæголты Георги нæ дæ? — бафарста йæ Хадзымæт. — О, Цæголты Георги дæн,— сдзырдта саулагъз лæппулæг, йæ бафæрсæгмæ лæмбынæг бакæсгæйæ, æмæ йæ ручкæ æрæвæрдта, стæй рог фестад æмæ йын йæ къух райста. — Æз та Рæмонты Хадзымæт дæн,— Георгийы къух цæлхъивгæйæ, загъта Хадзымæт.— Мæ балцы сæр сымахмæ у, Æрыдонæй ссыдтæн!.. 4 Хядзымæт 49
— Дæ кой дын фехъуыстам æмæ мын тынг æх- сызгон у дæ фенд, Хадзымæт! Хорз .бакодтай, кæй ссыдтæ, уымæй... Фæстæдæр æмбал Киррвы дæр фен- дзыстæм. Сахатырдæджы" фæстæ æфсæнвæндаджы кусджытæн доклад кæндзæн, æмæ уырдæм ацæудзы- стæм мах дæр. — Уый хорз уаид бæргæ,— сразы йемæ Хадзы- мæт, æмæ иумæ рацыдысты уынгмæ. - — Рагæй дæ партийы? — афарста йæ Георги. — Цыппæрдæсæм азæй нырмæ,—дзуапп радта, Хадзымæт. — Тынг хъæуынц ныртæккæ фæлтæрдджын, фи- дар большевиктæ,— загъта Георги. Йæ цæсгом ныр- рухс ис Хадзымæтмæ кæсгæйæ. Йæ ног æмбалы са- быр, фæлæ æхсарджын цæстæнгас, йæ зондджыи уæззау ныхас Георгийæп йæ зæрдæмæ хызтысты. Фаг ныфс æмæ йæм хъару кæй разындзæн, ууыл гуырысхо нæ кодта, фæсаууонмæ йæ цы хуызы зыд- та, уый зæрдыл даргæйæ. — Нæ тыхтæ пæ баиу кæнын хъæуы. Чырыстои- хъæуы дæр æмæ Æрыдопы дæр, стæй иинæ рæтты дæр контрреволюционерты ныхмæ иумæ хъуамæ тох кæнæм,— дзырдта Георги. Ныхæстæгæнгæ бахæццæ сты вагзалы цурмæ. Станцæны ’ стыр зал кусæг адæмæй уыди йе дзаг. Дзырдта фæтæндзæсгом, бæрзондных лæг. Йæ сæры- хъуынтæ уыдысты лæгъз фаст. Йæ райдзаст цæст- æнгас-иу залы бадджытыл ахаста, афтæмæй ныхас кодта Терчы зылды контрреволюцийы ныхмæ тох сцырен кæныны тыххæй. — Киров!—хъæрæй загъта Хадзымæт, залмæ 0ахизгæйæ. Георги фæуагъта йе ’мбалы æмæ сценæмæ бацы- 50
ди. Чысыл фæстæдæр раздæхт æмæ Хадзымæтæн загъта: — Изæры-иу газет «Терек»-ы редакцимæ рацу. Уым сæмбæлдзынæ Кдгровимæ. Ныртæккæ та доклад кæнынмæ Апшероны полк’ймæ цæуы. Рацыдысты вагзалы фæзмæ, араст сты горæты рдæм. — Ам ис нæ комитет,— загъта Георги, театры уынгты куы фæцæйцыдысты, уæд, иу ныллæггомау агуыридур хæдзармæ ацамонгæйæ. — Уый та цавæр комитет у? — афарста Хадзы- мæт, хæдзармæ лæмбынæг бакæсгæйæ. — Нæ партион организацийы схуыдтам ирок хъæбатыр Чермены номæй,—загъта Георги. — Уый та куыд?—джихæй аззад Хадзымæт.— Махмæ иу партй ис — большевикты парти... Æндæр партимæ цы бар дарæм? Цавæр программæ ис Чер- мены партийæн? Кировимæ баныхас кодтам. Уый æргом загъта: ахæм революцион партитæ кæнæ къордтæ хæххон фæсивæдæй, мæгуырты, фæллойгæнджыты бартыл тохгæнджытæй саразын ахсджиаг хъуыддаг у. Уы- дон болыиевикоп партийы разамындæй куы кусой, уæд стыр æххуыс фæуыдзысты революцийы хъуыд- дагæн. Нæ парти у æнæ ис-æиæ бон мæгуырты ре- волюцион парти, кæд дзы зæрдæхсаинæгтæ дæр ис, уæддæр. Тох кæны советон хицаудзинады сæрап- понд. Разамынд та йын дæттынц большевиктæ. Гъе афтæ. Нæ партийæн йæ ЦК та ам кусы../ 4 Изæрæй, проспекты кæронмæ æввахс иу уæладзыг хæдзармæ бацыдысты Георги æмæ Хадзымæт. Ам 51
уыди газет «Терек»-ы редакци. Кировы баййæфтой иу рæсугъд къæбæлдзыгзачъе лæгимæ æхсызгон ны- хæстæ кæнгæйæ. Ног зонгæ разынд Ной Буачидзе. Сергей Миронович Буачидзейы абон фыццаг. хатт федта, уый Швейцарийæ куы æрбаздæхт, уæдæй ныр- мæ, æмæ йæм æнувыдæй хъуыста. — Хъазахъы æмæ хæххон адæмы кæрæдзиуыл ардауынц контрреволюционертæ, националисттæ æмæ урсгвардион афицертæ. Не знæгтæ архайынц, Фев- ралы революцийы размæ цы быцæудзинæдтæ уыди, уыдон цырен кæныныл. Хъуамæ сæ фæндтæй мацы рауайа,— фидарæй загъта Киров Буачидзейæн. — Мæн æдзухдæр уырныдта, ахæм рæстæгмæ кæй фæцæрдзынæн, уый,— бахудтис Буачидзе, æмæ йæ фæлурс къæсхуыр уадултæ цины уылæнæй асырх сты. Киров, Буачидзейы фæллад, æнæтуг цæсгоммæ бакæсгæйæ, йæ арм хъæбысгæнæгау æрæвæрдта бæлццоны рахиз уæныл. — Дард балцы фæстæ дæ баулæфын хъуыди, фæ- лæ кæм ис ныртæккæ ахæм фадат... Буачидзе раздæр ракодта йæ балцы хабæрттæ Кировæн æмæ ныр йæхæдæг хъуыста йæ хæлармæ, стъолы сæрмæ ауыгъд Терчы бæстæйы картæмæ кæс- гæйæ. Буачидзейы цæстытыл уадысты Терчы уылæн- тæ, уынгæг "хæхтæ, зыидысты йæм тар, сыфтæрджын хъæдтæ, мæгуыр хæххон адæм, сæ рагон æгъдæуттæ, сæ зын цард, сæ хуымгæндты чысыл гæбæзтæ... — Афтæ æдзынæг цы кæсыс картæмæ? Уый но- гæй рацаразын хъæуьт,— загъта Киров, Буачидзейы цæстытæм бакæсгæйæ. — Æцæг афтæ хъуамæ уа, Сергей!.. Ногæй раца- ра^зын хъæуы Терчы бæстæ... Уæвгæ канд Терчы бæс- тæ нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы картæ дæр... Георги æмæ Хадзымæт æнæдзургæйæ бадтысты. 52
— Адон хъæбатыр хæххон фæсивæдæй сты,— загъта Киров, Хадзымæтитæм ацамонгæйæ.— Тохы бацæуынмæ сæ уд хъарынц. Æмæ тохы бонмæ дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы, мæнмæ гæсгæ. ’Паддзах уал нал ис, æмæ нын ныр чысыл фенцон- дæр ис. Афтæ нæу? — бахудт Киров.— Ирыстоны хъуамæ йе знæгтæй асыгъдæг кæнæм æмæ ссæри- бар уа. Æгайтма дзы мæнæ сымах хуызæн сыгъдæг- зонд цæргæстæ ис! Æрыдоны æмæ Чырыстонхъæуы саразын хъæуы революцион куысты центртæ. Рох уæ ма уæд, контрреволюцийы тыхтæ чысыл кæй не сты. Афицертæ, меньшевиктæ æмæ эсертæ æнцад нæ бадынц. Мах дæр аразын хъæуы хæстон отрядтæ... Сырх партизанты революцион парти нын бирæ фех- хуыс уыдзæн, æмæ йæ стыхджын кæнын хъæуы! Сбæттут уæхи Чырыстонхъæуы партизантимæ, — загъта ’Киров, Хадзымæтмæ бакæсгæйæ.— Æвзæрс- тыты рæстæг æрцæуы. Хъуамæ кусджытæ, фæллой- гæнæг зæхкусджытæ сæ хъæлæс радтой 7-æм ном- хыгъды фарс, большевикты кандидаттыл. Цæголты Георги дæр уемæ уыдзæн, æххуыс уын кæндзæн. Чы- рыстонхъæумæ-иу хабар кæнут уæ куысты тыххæй... Хадзымæт разыйы тылд бакодта йæ сæр æмæ Ге- оргимæ бакаст, йæ мидбылты бахудгæйæ. 5 Тæргайдоны былтæ цъæх адардтой. Хæххон дым- гæ комæй згъордта æмæ сындзы къудзитæ æнкъуыс- та. Доны был лæууыди саулагъз лæппу донхуыз цухъайы. Фæсивæд иугай цыдысты йæ размæ, æмæ сын уый йæ къухæй æнæдзургæйæ æрхгондмæ амыдта. Уый уыди Хадзымæт. Æрхгонды та нæууыл 53
бадтысты Цæголты Георги æмæ Марго. Адæм куыд цыдысты, афтæ æмбырд кодтой уыдоны алыварс. — Æрцæуинаг чи уыд, уыдон ам сты,— загъта Хадзымæт Георгийæн, йæхæдæг дзуццæджы æрбад- ти, гæххæтт райста æмæ бакасти: Хъуылаты Вало- дя, Тлатты Микъала, Лекъты Псыма, Менаты Сабаз, Хъуылаты Хъамболат, Ботъоты Амырхам, Бечмыр- зæ... Нал кæсæм æнхъæлмæ. Хадзымæт дзырды бар радта Георгийæн. Фæси- вæд фæсабыр сты. Иууылдæр кастысты къæсхуыр рæсугъдцæсгом уазæгмæ. Уымæн йæ кæсæнцæстыты æвгтæ хурмæ æрттывтой. Афтæ зынди, æмæ.дзы цы- ма хуры тынтæ тыбар-тыбур кодтой. Адæм хъуыстой уазæгмæ, ныхъуырæгау ын кодтой йæ алы ныхас дæр. — ...Керенскийы «Рæстæгмæйы хицауады» æххуы- сæй та,— дзырдта Георги,— кадеттæ, буржуазон на- ционалисттæ, æлдæрттæ сæ сæртæ схъил кодтой. Уы- дон Дзæуджыхъæуы сарæзтой «Хæххон адæмты иу- мæйаг цæдис». Р1æ сæргъы лæууынц фæсарæйнаг ка- питалистты хъузæттæ: промыслæты хицау Чермоев æмæ бирæзæхджын Капланов. Æстæм мартъийы арæзт æрцыди кусджыты æмæ зæхкусджыты депу- татты Совет, фæлæ уымæн йæ разамонджытæ сты эсертæ æмæ меньшевиктæ—Гамалей æмæ Скрипни- ков. Уыдон фæнды хæст дарддæр цырен кæнын, цæ- мæй кусджытæ сæ бартыл дзурынхъом ма уой. Фæ- лæ большевиктæ революцийы хъуыддаг ауæй кæнын нæ бауадздзысты, ныфсджынæй сидынц пролетарон революцимæ. Ныридæгæн Кировы разамынды фæр- цы большевиктæ меньшевикты фæсырдтой цинкуа- дзæн заводæй, æфсæнвæндаджы мастерскойтæй та — эсерты... Мах хъуамæ Ирыстон асыгъдæг кæнæм ре- волюцийы знæгтæй. Æвзæрстыты рæстæджы нæ хъæ- 54
лæстæ ратдзыстæм большевикты кандидатты фарс. Керенскийы «Рæстæгмæйы хицауад» та адæмы сайы æмæ хъуамæ æппæрст æрцæуа. -Ныртæккæ нæ сæй- рагдæр хæс у гæрзифтонготрядтæ аразын... Уыцы ныхæстæ куы ракодта Георги, уæд йæ кæ- сæнцæстытæ систа æмæ асæрфта йæ цæсгомы хид, стæй та сæ фæстæмæ бакодта, йæ цæст ахаста адæ- мыл æмæ Хадзымæты афарста: — Кæд исчи исты зæгъдзæн, Хадзымæт? — Мах иууылдæр разы стæм Цæголы-фырты ны- хæстыл! — схор-хор кодтой фæсивæд. Хадзымæт ма радзырдта, Киров æмæ Буачидзе- йыл куыд сæмбæлдысты æмæ сын цы фæдзæхстой, уый тыххæй, æмæ æмбырд райхæлд. * ,Хъæлæс кæныны рæстæг ралæууыд. Хъæуы астæу стыр хиды цур дуæрттыл, бырутыл æмæ къултыл ба- ныхæстæуыд алыхуызоы лозунгтæ æмæ плакаттæ: «Хъæлæс кæнут 3-æм, 8-æм, 9-æм иомхыгъдты фарс». Меньшевиктæ æмæ-иу кадеттæ арæх фæзындысты адæмы æхсæн, ньрасы, æмбырдты æмæ хъæр код- той алы æвзæгтæй: — Æвдæм номхыгъды фарс уæ хъæлæстæ ма рат- тут! — Большевиктæ цардхалджытæ сты! Иу ахæмы та Бигъаты Сослæнбег æмæ Фаризæ- ты фыд Мурат сæхи байстой, хидыхъусы раз чи æрæмбырд, уыцы адæммæ. Сослæнбег йæ ехсæй ло- зунгтæм ацамыдта æмæ загъта: — Хорз адæм, æнцад цард аразын кæй фæнды, уыдон большевиктæй дард’ лæууæнт, хъæлæс кæ- нæнт Учредителон æмбырдыл! 55
— Алчи йæхæдæг зоны, йæ хъæлæс æй ^æуыл раттын хъæуы, уый!.. Дæу зонд сæ ницæмæн хъæ- уы,— бадзырдта йæм Хадзымæт сабырæй. — Æмæ ды та чи дæ? Большевик? Исты куы æмбарис, уæд уал дæ хъæмпынсæр халагъуд аивис. — Æз халагъуды цæрын, фæлæ дæуау адæмы уæйгæнджытæй нæ дæн! —дзуапп ын радта Хадзы- мæт. — Акæс-ма уыцы къæлæумæ! Цытæ уæнды! Мæ- нæ а’цы ехсы цæф нæма баййæфтай? — Къæлæу ды дæ; ды, фæллойгæнæг адæмыл гадзрахатæй чи рацыд! Полчъы-иу куыд надтай æф- сæддонты, афтæ дын нал рауайдзæн... Фæцис ныр дæ рæстæг, Бигъайы-фырт! Ныр хицау мæнæ адон сты,— ацамыдта Хадзымæт адæммæ.— Бавзар семæ дæ хъару! Дæ лæджы хъæд æмæ дæхæдæг! — Ам загъд ницæмæн хъæуы,— запьта Амырхан дæр, Хадзымæты фарсмæ балæугæйæ.— Хадзымæт раст зæгъы: алкæмæн дæр — кусæгæй, зæкхусæгæй — йæ бар йæхи у... Хъæлæс та алчидæр йæхи номхыгъ- ды фарс кæндзæн. Мах номхыгъд æвдæймаг у, хорз адæм! — Раст у, раст! Адæм сæхæдæг зонынц, кæй фарс хъæлæс кæнын хъæуы, уый,— æмхъæлæсæй сдзырд- той иниæтæ дæр. Бигъайы-фырт, Мурат æмæ се ’мбæлттæ иуварс алæууыдысты, цыма сæм бабырстæуыд,- уыйау. Бам- бæрстой, Хадзымæт иунæг кæй нæу, адæм йæ фарс кæй сты, уый. Цалдæр боны фæстæ сбæрæг ис, большевиктæ ин- нæ партитæй фылдæр хъæлæстæ кæй æрæмбырд код- той. Уыцы хъуыддаг меньшевикты æмæ националист- ты зæрдæты стыр маст бауагъта. Реакцион тыхтæ 56
æргомæй хæцын райдыдтой Советты ныхмæ. Арæзтой æмбырдтæ куы Иластæм, куы Швидковтæм, куы та Муратмæ... Контрреволюцион афицерты æмæ мень- шевикты минæвæрттæ арæхæй-арæхдæр цæуын рай- дыдтой Мæздæджы ’рдæм, булкъон Бичерахты Геор- гимæ. Уым уыди контрреволюцийы артдзæст æмæ сæ фæнд, сæ ныхас кодтой гъе уыцы ран. 6 Уарыди бæзджын мит. Дзæуджыхъæуы хæдзæрт- тæ, уынгтæ æдзæрæгау уыдысты. Цæрджытæй ничи цыди уынгтæм. Æрмæст урсгвардионтæ, контррево- люцион хъазахъ хæдзæрттыл зылдысты æмæ стыгъ- той адæмы, сæ æбуалгъ митæн кæрон нæ уыди. Георги хъавыд, урс афицертыл нæ сæмбæлгæйæ, биб- лиотекæмæ бахизын æмæ тагъд кодта. Александров- ский проспекты тигъыл куыддæр фæзылди, афтæ фæ- комкоммæ ис къулыл ног ныхæст гæххæтмæ. Ба- касти йæ: «Мæлæт большевиктæн!» Октябры цæхæр басыгъта революцийы знæгты. Уыдон бынтон сызнæт сты. Уæрæсейы хуссаргæрон рæттæм айстой сæхи æмæ стыхджын кодтой сæ ар- хайд. Бамбырд кодтой сæ тыхтæ, æмæ тас уыди уы- цы бирæгътæ, хицауад байсгæйæ, адæмыл тугуарæн куы кæной, уымæй. Тæссаг уыд уавæр. Цы амал уыд, уымæй боль- шевикты рæвдздæр хъуыди сæ тыхтæ æрбамбырд кæнын. Æхсæвæй-бонæй фæллад нæ зыдтой керме- нистты раздзæуджытæ дæр, лыстæг кастысты знаджы алы фезмæлдмæ дæр. Фæлæ уæддæр дысоны æбуалгъ хъуыддаг æрцыд æнæнхъæлæджы. «Баиу сты Совдепы знæгтæ: æлдæрттæ æмæ на- ционалисттæ, меньшевиктæ æмæ эсертæ æмæ сæхи 5?
ныццавтой Совдепыл» — сдзырдта йæхинымæр Геор- 1и. Алæууыд ма иу-цасдæр, ахъуыды кодта æмæ йæ фæнд аивта — библиотекæмæ нал бацыди. Цæхгæр фæзылди, проспектыл бахызти театры уынгмæ, фæ- мидæг ис «Чермен»-ы партийы ЦК-йы хæдзары. Бы- нæй куы ничи уыди, уæд асинтыл сызгъордта дык- каг уæладзыгмæ, Гибизты Деболаны фатермæ. — Цы хабар у? — йæ хуыссæнæй фестгæйæ, Ге- оргийы афарста Дебола. — Урс афицерты бандæ, Каплановы националис- тон «Хæххон хицауад» Совдепы президиумыл сæхи ныццавтой, ныппырх æй кодтой. Президиумы сæрдар Ной Буачидзейы æмæ Пашковскийы æрцахстой æмæ сæ ахæстоны бакодтой. Уынгты урсгвардионтæ стонг бирæгътау зилдух кæнынц, сабыр цæрджыты хæ- дзæрттæм бырсынц æмæ сæ стигъынц, исынц сын сæ исбон, марынц мах æфсæддонты... — Лæгмартæ! Кайланов æмæ Чермоев хуымæтæ- джы не ’рвыстой хъæутæм сæ агентты. «Советтæ, дам, адæмы знаг сты æмæ, дам, сæ н’ыппырх кæнын хъæуы», зæгъгæ, рагæй фæдис кæнынц,— йæ дзау- мæттæ кæнгæйæ, тагъд-тагъд дзырдта Дебола. Наган йæ палтойы дзыппы авæрдта æмæ ма афарста: — Киров цы фæцис? — Киров дысон, хуыцау хорз, æмæ Совдепы æр- цахсыны агъоммæ ацыдис Пятигорскмæ. — Уый хорз, Георги. Фæлæ ды иннæ æмбæлттæн дæр фехъусын кæн хабар. Æз цæуын ахæстонмæ, бомбæтæй ныффæнык кæндзынæн урс бирæгъты... —Æрра сдæ, Дебола?!—загъта Георги ДеОола- йы фæлурс уадултæм бакæсгæйæ.—Дæлæ уынгты æмызмæлд куы, кæнынц бандæтæ. Адæм æмризæ- джы’куьгризынц... — Ма мын тæрс... Уыдон Нойы бахæрой, æз та мæ 58
сæр бафсиайон?!—дзырдта, Георгийы ныхæстыл амæсты уæвгæйæ, Дебола æмæ фездæхтис дуармæ. — Кæдæм? — афарста та йæ Георги. — Буачидземæ. — Иунæгæй? Æз дæр цæуын... — Ды ам • лæуу. Æз æвдæм зскадронимæ ба- бырсдзынæн ахæстæттæм æмæ суæгъд кæндзыстæм не ’мбæлтты,— загъта Дебола, стæй цъилау фæзыл- ди дуармæ æмæ ацыди. Апшеропы полкъы 7-æм эскадроны къазарматы дуарыл чысыл будкæйы раз лæууыди хъахъхъæнæг. Дебола йæ риуыдзыппæй систа партион комитеты кусæджы билет. — Ды иæ агигатор куы дæ!.. Зонын дæ,— загъта хъахъхъæнæг, йæ цырыхъытæй салд зæхх хойгæйæ. Дебола йæ билет фæстæмæ авæрдта. Бацыди эс- кадроны кæртмæ. Æфсæддонтæй чи къухнайæ цыди кателокимæ, чи та уырдæм, чи йæ бæхмæ зылди. Де- болайы ауынгæйæ, рамбырд сты, æгасцуай йын загъ- той. Цæуылдæр мæсты кæй у, уый уыдтой, фæлæ йæ ницæмæй фарстой, йæхæдæг æппæт дæр зæгъдзæн, зæгъгæ. Куы ницы дзырдта, уæд æй иу даргъгомау фæтæнуæхск афицер, Карсанаты Темболат, афарста: — Дебола, дæ хуыз куы фæцыди! Цы ’рцыди?! — Тагъд, эскадрон арæвдз кæнут. Æнæ бабырс- гæ нæй ахæстæттæм!..—загъта Дебола æмæ ра- дзырдта хабар. — Уый та куыд? Æрæджы мæнæн, мæнæ ацы адæмæн не схæссæг фыды хуызæн рæвдауæн ныхæс- тæ ,æмæ царды фæндтæ чи кодта, уыцы Буачидзе ахæстоны ис? Уый нæ уыдзæн, Дебола!.. Уый нæ уы- дзæн, дуне куы рафæлдæха, уæддæр! 60
Темболат бауад штабмæ, йемæ ирон полкъæй цы фондзæхстон схаста, уый йе ’фцæджы баппæрста æмæ рауад кæртмæ; дыууæ гаубицмæ бакаст æмæ афарста Деболайы: — Хъæуынц?.. — Нæ! — Хорз... «Уый’та куыд?— йæ.бæхыл саргъ æвзæр- гæйæ, йæхинымæр дзырдта Темболат.— Кæс-ма уы- цы агъуыд бирæгътæм! Мæлæт хуыздæр у... Æз ард бахордтон Буачидзейæн. Фыдæй мын нæ баззад са- йын». Æцæг, Темболат ирон иолкъæй куы ссыдис, уæд Киров æмæ Буачидзеимæ ныхас кодта æмæ сын дзырд радта, революцийы знæгты æгъатырæй кæй цæгъддзæн, уый тыхæй. Никуы йæ рох кодта Киро- вы ныхас: «Меньшевиктæ æмæ нæм эсертæ гæппæв- вонгæй лæууынц, саразын нæ хъæуы ирон фæсивæ- дæй гæрзифтонг къордтæ». Заманхъулы .æмæ Терчы- фале ах’æм къор’д сарæзта Темболат æмæ кæддæрид- дæр цæттæ уыдис тохы бацæуынмæ. Ныр, Капланов æмæ Чермоевы æбуалгъ митæ фехъусгæйæ, дыууæ сæдæ барæджы æвæстиатæй февнæлдтой сæ гæрз- тæм. Топпыты дзыгъал-мыгъул, бæхты хуыррытт æмæ цæфхæдты зæлланг кæрты азæлди... Иу бурхил æрыдойнаг хъазахъаг Деболайæн æрбакодта саргъы бæх. — Уый дын командæгæнæджы бæх! — худæнбы- лæй загъта хъазахъаг æмæ æгъдынцойыл фæхæ- цыд. Дебола схызтис бæхмæ, стæй йе ’ргом æфсæд- донтæм фездæхта: — Æмбæлттæ! Капланов æмæ Чермоев, Корни- лов æмæ ирон контрреволюцион афицертæ, меныпе- виктæ <æмæ эсертæ мæгуыр хъазахъ æмæ хæххон .адæмы кæрæдзийæн цæгъдын кæнынц... Фехъуыстат, 61
дысон уыдон цы æбуалгъ ми бакодтой, уый? Знæг- тæ ныббырстой Совдепы президиуммæ æмæ йын йæ сæрдар Ной Буачидзейы æмæ Пашковскийы ахæсто- ны бакодтой, Æфсымæртæ, нæ уарзон æмбæлттæ ахæстоны куы бадой, уæд ма мах ам цы ми кæнæм?! Мæлæт знæгтæн! — Мæлæт!..— айзæлдис æфсæддонты хъæр. Ба- змæлыдысты, бæхджынтæ. Чысыл фæстæдæр горæты цæрджытæ хæдзæртты рудзгуытæй, быруйы хуын- чъытæй кастысты, Тифлисы уынджы Темболаты эс- кадрон куыд адаргъ ис, уымæ. Æфсæддонтыл уыдис алыхуызон дарæс: цухъатæ, кæрцытæ, цинелтæ. Алыхуызон уыдысты сæ хæцæнгæрзтæ- дæр. Фæлæ иу уыди сæ зæрдæйы уаг, сеппæт дæр — адæмы хъæбултæ, революцийы салдæттæ. Ахæстоны бæрзонд быруйы тигътыл цы хъахъхъæнджытæ уыди, уыдонмæ хæстонтæ сæ хæцæнгæрзтæ æргъæвдæй бахастой. Сæ иуæй-иутæ та гранаттæ райстой æмæ æхсаргæрдтæ се ’уæхсчытыл хастой ныццæвын æввонг. ^ Хъахъхъæнджытæй чидæртæ сæ фондзæхстæттæм февнæлдтой, фæлæ Темболат, «залп сыл раттут!»,' зæгъгæ, куы загъта, уæд сæ æруагътой. — Æрæвæрут уæ гæрзтæ! — хъæрæй сдзырдта Дебола. Хъахъхъæнджытæ митыл æрæвæрдтой топпытæ, стæй сæ къухтæ сдардтоп æмæ сæхи радтой. Эскадроны фылдæр хай ахæстоны фæмидæг сты Деболайы фæстæ. Темболат та иннæтимæ æрлæууы- ди ахæстоны алыварс. Дебола цалдæр партизанимæ ахæстоны тыргъмæ схызтис. Тыргъы талынг къуы- мæй фæзындис иу даргъгомау мæллæг лæг дæгъæл- тимæ. Уый бакодта фыццаг камерæйы дуар. Камерæ- йæ рацыдысты Ной Буачидзе æмæ Пашковский цал- 62
дæр ахæстимæ. Иннæ камерæтæй дæр ракалдысты адæм. Дебола йæ хъæбысы акодта Ной Буачидзе æмæ Пашковскийы. — Ур-р-а-а! — уæлдæфы ныййазæлди эскадроны æфсæддонты нæргæ хъæлæс. Чи суæгъди, уыцы æнæ- дæстытæ, фæлурс ахст адæм кæрты фæиу сты эскад- роны-сырхгвардионтимæ. Иуæй-иутæ нал баурæдтой сæ маст: быруйы фæйнæджытæ ратыдтой, кæцæй- дæр цавæрдæр æфсæйнæгтæ радавтой æмæ ахæс- тоны дуæрттæ ныххостой. Цалдæр дуары раппæрс- той. Гыбар-гыбурмæ фæкастысты Деболаитæ. — Дуæрттæ ницы аххосджын сты,— загъта Буа- чидзе. Ахæстытæ ныууагътой дуæрттæ æмæ Темболати- ты алыварс амбырд сты. Буачидзе, Пашковский æмæ Дебола сбадтысты саргъы бæхтыл. Буачидзе йæ бæх аздæхта æфсæддонты ’рдæм. — Хорз адæм! Большевикты рæстдзинадæн фесæ- фæн пæй, уый æнæмæнг фæуæлахиз уыдзæн...— йæ хъæлæс рызтис, йæ ныхас зæлдис ахæстоны талынг къуымты. Эскадроны барджытæ æгуыппæгæй хъуыс- той Буачидземæ.— Мах нæ ардауæм кæрæдзийыл ирæтты, хъазахъы, мæхъæлы, кæсæджы, — дзырдта Ной.— Мах нæ пырх кæнæм æнцад цæрæг адæмы хæдзæрттæ, нæ сын исæм сæ мулк, нæ сæ марæм уыыгты. Уыцы æнаккаг митæ урс бандæтæ сæхуыд- тæг кæныиц, аххосджын та Совдепы кæпыиц... — Раст дзуры, — кæрæдзийы хъусты дзырдтой хæстонтæ. , Буачидзе йæ рихитæ адаудта æмæ бæх фæцагайд- та. Отряд нæ фæдыл арастис. — Мах дæр цæуæм уемæ! — дзырдтой, ахæсто- нæй чи суæгъд, уыдонæй чидæртæ. 63
— Кæй фæнды, уый рацæуæд! — загъта Тембо- лат. Æрмæст цалдæр лæппуйы слабодкæйы ’рдæм аз- дæхтысты, иннæтæ акалдысты эскадроны фæдыл. 7 1918 аз. Январь. Уазал дымгæ скъæфта миты тъыфылтæ. Уыдон уæ- ладзыг хæдзары рудзгуытыл ныхæсыдысты æмæ ра- нæй-рæтты авгыл доны æртæхтæй æрсахатæ сты. Ки- ров ихæнриз кодта, дысон-бонмæ æнæарт фатеры , бадгæйæ. Фæци фыст йæ сидт, меньшевиктæ Мæздæджы цы съезд аразынц, уымæ. Уаты къуымты рацу-бацу кæ- ны, йæ къухтæ аууæрды. Уалынмæ ихнывæфтыд ру- дзынгæй боны рухс æрбакалдис. Рудзынджы бын дыууæ бæгънæг гæдыбæласы дымгæйæ къæс-къæс кæнынц. Искуы-иу хæдзарæй фæздæг кæлы. Мария Львовнæ рæдзæ-мæдзæ фæкодта æхсæв- > бонмæ. Тарстис, Сергей дæр Буачидзейы уавæры куы бахауа, уымæй. Бонырдæм афынæй ис. Фæлæ та Ки- ровы къæхты уынæрмæ ракасти хъæццулы бынæй. — Схуысс уал, Серёжæ, — загъта Мария. — Куы ныцъцъæх дæ уазалæй. — Нæй, мæ хур, хуыссæн. Тымыгъ нæ ахæсдзæн - фынæйæ, æмæ нын уый революци нæ ныббардзæн,— бахудт Киров, æмæ Марияйы сынтæгыл æрбадтис.— Ахуыр дæн ахæм тымыгъыл. Абон Дзæуджыхъæуы большевикты делегаттæ дæр æрцæудзысты æмæ нæ Мæздæджы съездмæ цæуын хъæуы. Контрреволюци- ои’ æрдонгæн исты æрхъуыды хъæуы. — Æз та ам баззайдзынæн? — загъта Мария æн- 64
къардæй, Кировы фæллад цæсгоммæ кæсгæйæ. Фæ- лæ Кировы цæсгомæй цыма судзгæ стъалытæ æрт- тывтой, уыйау хæлар æмæ уарзонæй кастысты йæ хъæлдзæг цъæхбын цæстытæ. Уыцы цæстæнгасыл Мария ахуыр уыд, бирæ йæ уарзта, ныфс ын уый лæ- вæрдта тас заманты. Фæлæ дуне змæст у, адæймаг- мæ фыдбылыз кæцæй кæсы, уый нæ зоны. Марияйы хæмпус уадултыл, урс фæрдгуытау, ферттывтой цæс- тысыгтæ. — Исты дыл куы æрцæуа...— дзырдта Мария.— Цæй, нæ фæлæ сыстон, хæринаг дын акæнон... Мария акодта йæ дарæс. Цалынмæ хуылыдз су- джы къæцæлтæй артыл картофтæ фыхта, уæдмæ- бынтондæр æрбабон ис. Иу афон автомобилы моторы хъæр ссыди рудз- гуыты бынæй. Киров уынгмæ акасти, стæй азгъордта асинтыл. Машинæйæ. рахызтысты Буачидзе, Пашковский æмæ- Дебола. Иæ хъæбысы сæ акодта Киров, стæй бакаст Буачидзейы æнæтуг цæсгоммæ æмæ йын æфсымæрау ныбба кодта. — Æгайтма бирæгътæй фервæзтæ, Ной... — Мæнæ дæ хæххон уаритæй иуы руаджы фер- вæзтæн,— загъта Буачидзе æмæ, йæ уазал къухтæ æууæрдгæйæ, ацамыдта Деболамæ. Киров дыккаг хатт райста Деболайы къух æмæ уазджыты акодта мидæмæ. Мария сæ бацыдмæ стъолыл картофтæ, къалбас, дзул æмæ нартхоры кас æрæвæрдта. Уаз- джытæ сæ кæрцытæ раластой æмæ фынджы алыварс æрбадтысты. — Грознайы промыслæтæ судзынц,— загъта Буа- чидзе. — Д^æуджыхъæуы дæр сæ сæр сдардтой анар- хисттæ! 5 Хадзымæт \ 65
— Æз сын иу хос æрхъуыды кодтон,— сдзырдта Киров. — Цавæр хос? — Нæ тыхтæ, нæ партизанты отрядтæ æрæмбырд кæнæм æмæ сæ æмдыхæй фæсурæм,— бахаста фæн- дон Пашковский. — Кæрдо нæма срæгъæд,— сдзырдта йæ ныхмæ Киров.—Æргрмæй ныхæй-ныхмæ куы æрлæууæм, уæд дзы ницы рауайдзæн. Фехæлдзæн хъуыддаг... — Цавæр хос у, уæдæ, дæ хос? — афарстой та Кировы йе ’мбæлттæ. — Уавæртæ афтæ сты ныртæккæ, æмæ нæ иумæ архайын хъæуы, Мæздæджы йæхи æцæг демократон чи хоны, уыцы партитимæ. Афтæ амоны нæ тохы ло- гикæ. Афтæ нæ ахуыр кæны Ленин... — Раст политикæ у! — загътой иууылдæр æмæ, Марияйæн арфæтæ, ныфсытæ авæргæйæ, рацыдысты. Ног уард митыл автомобилы цæлхытæ зырнау зылдысты æмæ йын ницы уыйас æнтысти размæ. Æр- мæст бонрæфты хуры хъарммæ мит куы æртадис, уæд тагъддæр цæуын райдыдта æмæ изæрырдæм ба- хæццæ Мæздæгмæ. 1918 аз. 25 январь. Мæздæг. Изæрдалынгтæ. Сæу- дæджерты æмæ иннæ базаргæнджыты дуканитæ, зæхджьш хъазахъы æмæ афицерты хæдзæрттæ уы- дысты æхгæд, æгуыппæг, цыма æдзæрæг уыдысты, уыйау. Зæхх фæсалди, æмæ бонæй хурмæ цы мит. æртадис, ууыл ног гæбына равæрдта. Стыр уынджы иу агъуыстмæ тагъд кодтой съезды делегаттæ. Къуындæг, талынг залы сыгъдис дыууæ цырагъы. Адæмы комытæф, тамакойы фæздæгау, зылдис уæл- дæфы. Æртæсæдæ делегатæй фылдæр æрæмбырди съездмæ алыхуызон партитæй æмæ организацитæй: æлдæрттæ æмæ афицертæ, меньшевиктæ æмæ эсер- 66
тæ, болыневикты, сырхæфсæддон хæйтты æмæ пар- тизанты минæвæрттæ. Алкæй дæр сæ фæндыдк съезды фæуæлахиз уæвын. Бонджын хъазахъьг æмæ контрреволюцион партиты минæвæрттæ Рымарь æмæ Пятирублев, Чермоев æмæ Капланов, Тугъаны- фырт æмæ Бичерахы-фырты хуызæттæ хъавыдысты царды рохтæ сæхи къухтæм райсын, Советты æмæ- комиссарты фесафын. Большевиктæ та сæ размæ æрæвæрдтой хъазахъ æмæ хæххон адæмты мæгуырты иу кæныны, контр- революцийæн мæлæтдзаг ныхкъуырд раттыны хæс. Съезды агъуысты раз æрлæууыди рог автомобиль. Рахызтысты дзы Киров, Буачидзе æмæ Дебола. Зал- мæ куы бацыдысты, уæд Георги æмæ Хадзымæт сæ размæ рацыдысты сценæйы цурæй. Делегаттæй сын бирæтæ сæмдзæг.ъд кодтой, цины уынæр райхъуыстис алырдыгæй. Кировы ном чи нæ зыдта Терчы зылды, ахæмтæ бирæ нæ разындаид. Бирæтæ йын зыдтой йæ рæсугъд, зæрдæмæ арф хъарæг ныхас, йæ хæлар- зæрдæ, йæ хъæбатырдзинад. Георги æмæ Хадзымæт сæ къухтæ райстой Кировитæн æмæ иумæ схызтысты сценæмæ. Кировы съездмæ равзæрста Пятигорскы большевикон организаци, Буачидзейы та — Дзæуджы- хъæуы большевиктæ. Президиуммæ сырхгвардионтæй æмæ партизанты отрядтæй бацыдысты Хадзымæт, Дебола æмæ Карсанаты Темболат дæр. ...Фæсабыр сты адæм. Уый трибунæмæ схызтис Киров. Делегаттæн сæ бирæ фылдæр хай иттæг æну- выдæй хъуыстой Сергей Мироновичы ныхасмæ. Иæ дзырдарæхстыл, йе стыр ныфсыл ын дис кодтой. Уыцы ныфс хызти залы бадæг революционерты уæнг- ты, кодта сæ разæнгард. Киров дзырдта, зæгъгæ, фыццаг хатт фæллойгæ- нæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой æмæ сæ цард 67
;араздзысты, сæхи куыд фæнды, афтæ. Кæддæр Про- метей хуыцауæн цагъар уæвыи нал бакуымдта,— уæ- ларвæй зынг æрхаста зæххон адæмæн, уый тыххæй йæ Кавказы хæхты къæдзæхмæ сбастой рæхыстæй. — Уыцы рæхыстæ Уæрæсейы кусджытæ æмæ зæхкусджытæ фæллойгæнæг хъазахъ æмæ фæл- лойгæнæг хæххон адæмтимæ иумæ, æмдыхæй ныс- састой æнустæм,— дзырдта Киров.— Мах, алыхуызон социалистон партиты минæвæрттæ, ардæм, съездмæ, æрæмбырд стæм, цæмæй Прометейы зынгæй батавæм алкæй дæр, бахай дзы кæнæм алы мæгуыр фæллой- гæнæг адæймагæн дæр. Афтæ бакæнæн та уыдзæнис æрмæст уæд, æмæ куы баиу кæнæм нæ тыхтæ æмæ контрреволюцийæн аккаг ныхкъуырд куы раттæм. Фæллойгæнæг хъазахъ æмæ хæххон адæмтæ, баиу ут! Нæ нысан у иудзинад, иудзинад æмæ ноджыдæр иудзинад!.. Киров фæци йæ ныхас. Делегæттæй иу сыстад æмæ фæндон бахаста, Кировы раныхас хæххон адæм- ты æвзæгтæм ратæлмац кæнын хъæуы, зæгъгæ. — Нæ хъæуы! Мах тынг хорз бамбæрстам Киро- вы хъуыдытæ æмæ сыл æппæтæй дæр разы стæм! — хъæрæй дзырдтой делегаттæ алырдыгæй, æмдзæгъд- гæнгæйæ. Киров трибунæйы цур лæууыди æмæ систа йæ къух, кæд адæм фæсабыр уаиккой, зæгъгæ. Прези- диумы сæрдар сыстад æмæ загъта: — Курæм уæ, æмæ фæсабыр ут... Æмбал Киров йæ ныхас нæма фæцис. I — Цæмæй нæ иудзинад тыхджындæр уа, цæмæй революцион-демократон тыхтæ фæуæлахиз уой, уый тыххæй ма æз хæссын фæндон,— райдыдта та дзу- рын Киров, адæм куы фæсабыр сты, уæд: — сæвза- рæм рæстæгмæ Адæмон Совет. 68
•Ныййазæлыд делегатты къухæмдзæгъд. Съезд сæв- зæрста Адæмон Совет. Советы уæнгтæй большевик- тæй æвзæрст æрцыдысты Киров, Буачидзе, Георги, Хадзымæт, Дебола, Колкæ, Темболат. Ной Буачидзе- йы равзæрстой Советы сæрдарæй. Уыйфæстæ Киров бакасти съездæн, дысон цы «Сцдт» ныффыста Терчы бæстæйы адæмтæм, уый. Уыцы документмæ гæсгæ Мæздæджы съезд схуыд- той «Адæмон Советы фыццаг сесси». Съезд Советæн бафæдзæхста, цæмæй сæрмагонд уынаффæты фæл- лойгæнджытæн лæвæрд æрцæуа адæймаджы бартæ, зæххытæ байуара, стæй дыккаг сесси арæзт æрцæуа Пятигорскы. Съездæй бирæты зæрдæтæ нæ барухс сты. Урс- гвардион афицертæ æмæ зæхджынтæ Рымары фæ- дыл сыстадысты æмæ ацыдысты съездæй, мæстæй судзгæйæ. Ацыдис Бичерахты Георги дæр йæ хъузæт- тимæ., Бигъайы-фырт, Тугъаны-фырт, Цæлыччы-фырт æмæ сæ фæсдзæуинтæ-националисттæ, æлдæрттæ сæ- хи мастæй ныттыппыр кодтой æмæ æнæдзургæйæ хъуынджын цæстæй кастысты большевиктæм. Къуыри рацыдй съезды бонæй, афтæ байгом Со- веты дыккаг сесси Пятигорскы. Терчы бæстæйы Адæмон Советы сессимæ та ногæй æрæмбырд сты Цæгат Кавказы адæмты минæвæрттæ. Съездæн ра- замынд лæвæрдтой большевиктæ. Æфсæддон тыхтæ дæр уыдысты большевикты къухты. Фæлæ республи- кæйæн чысыл/ нæ уыди знæгтæ, мæгуыр адæмы сæ- рибар цард халыныл чи нæ ауæрста, ахæмтæ. Уымæ гæсгæ хъуыдис фидар иудзинад. — Мах неппæт дæр хъуамæ баиу кæнæм нæ тыхтæ æмæ сæххæст кæнæм пролетарон лозунг: «Са- разæм кусджыты, зæхкусæг хъазахъы æмæ хæххон адæмты республикæ!» Кæннод ницæмæй феххуыс 69
кæндзыстæм, стыр тасдзинады ныхмæ чи тох кæны, уыдонæн,— дзырдта Киров съезды. — Цы-фæнды зы- нæй дæр фæллойгæнæг хъазахъæн æмæ хæххои адæмтæн кæрæдзимæ раттын кæныи хъæуы æфсымæ- рон къухтæ. Кæд мах фæнды æппæт контрреволюци- он тыхты æнæхатырæй иуварс аппарын, уæд хъуа- мæ тынгæй-тынгдæр фидар кæнæм нæ иудзинад, не ’фсымæрон æмдзæриндзииад, нæ сыгъдæг революци- он цæдис. Мах хъуамæ зæгъæм уый, æмæ Кавказы хæхты канд рæсугъддзинад ссарæн кæй нæй, фæлæ уыцы сæрыстыр, кæрæдзиуыл æнгом баст къæдзæхтьг кæй ис не ’нæбасæтгæ фидардзинад дæр. Ууыл сæхи ныппырх кæндзысты реакцййы æппæт тыхтæ дæр. Æгас цæуæд Советон хицауад Терчы бæстæйы! — Ахæм ныхæстæй фæци Киров йæ ныхас. — Афтæ чи зæгъы, æмæ Адæмон Комиссарты Со- вет æцæг хицауадыл банымайæм, зæгъгæ, уыдон сæ къухтæ сдарæнт,—загъта съезды сæрдариуæггæнæг. 220 делегаты сдардтой сæ къухтæ, Кировы фæндо- ныл разы стæм, зæгъгæ, 22 делегаты рацыдысты йæ ныхмæ, 40 делегаты та хъæлæс нæ кодтой. — Уæрæсейы Адæмон Комиссарты Советы сæр- дар æмбал Ленинмæ съезды помæй арвитæм теле- граммæ,— загъта Хадзымæт, трибунæмæ бацæугæйæ. Съезд стыр иузæрдиондзинадимæ сразы ис уыцы фæндоныл дæр. 8 Адæмон Комиссарты Совет июны онг æхсæвæй- бонæй ног цард аразыны куыст кодта. Фæлæ ахæм у&вæр бирæ нæ ахаста. Деникины æфсæдтæ бырстой Цæгат Кавказмæ. Æмæ бынæттон контрреволюцио- нертæ дæр сусæгæй-æргомæй байдыдтой змæлын. 70
— Дзæуджыхъæуы фæзындис бирæ урс афицер- тæ, расыгæй гæрзтимæ уынгты лекка кæнынц, — дзырдта Буачидзейæн хæстон комиссар Бутырин. — Уый ног хабар нæу,— йæ хуыссæны рабадгæ- йæ, загъта Буачидзе.— Æз дын ног хабар зæгъдзы- нæн: знон телефонæй ныхас кодтон Царицынимæ. Орджоникидзе, дам, а дыууæ боны ам уыдзæн... Буачидзе Сергойы тыххæй афтæ зæрдиагæй дзырд- та, æмæ бæрæг уыди, æнæкæрои бирæ йæ кæй уарзы, уый. Фæлæ рынчын лæг дзурын нæ фæрæзта æмæ базыл йæ къæбæлдзыг сæр æруагъта. Уаты уыди æнуд, хосты тæф фындзыхуынчъытæ æхгæдта. Ге- орги æмæ Хадзымæт дæр рудзынджы цур лæууыды- сты æмæ хъыг кодтой Буачидзейы рынчыныл. Уын- гæй хъуысти кæйдæр зарын, расыг адæмы хъæр. Бу- тырин исдугмæ ницуал дзырдта, стæй та йæхи нал баурæдта æмæ, Буачидземæ бакæсгæйæ, загъта: — Тынг хорз сты уыцы хабæрттæ. Фæлæ раст нæ уыдзæн,, афицерты базыртæ куы нæ алыг кæнæм, уæд... Æгæр бирæ сты. Цыдæр провокаци саразын та ис сæ зæрды.. Фароны хуызæн та куы сызмæнтой, уымæй тæрсын. — Сымахмæ та куыд у уавæр? — Буачидзе афарс- та Хадзымæты. — Æвзæр у, — загъта Хадзымæт: — афицертæ сцырен сты Æрыдон æмæ Чырыстонхъæуы дæр. Би- гъайы-фырт, атаман Швидков æмæ уыдоны хъузæт- тæ большевикты «гадзрахатдзинады» дзырд йедтæ- мæ ницы кæнынц. Мæздæджы æмæ Пятигорскы съездты, дам, нæ асайдтой. Тæссæг у уавæр. Æмæ мах нæ партизанты, керменистты цæттæ кæнæм... Дзæвгар асагъæс кодта Буачидзе уыцы ныхæс- тыл, стæй загъта: — Тох æнæмæнг уыдзæн... Цæттæ кæнын хъæуы 71
революцион хæххон фæсивæды... Къæрцхъус ут, знаг фыд-зæрдæ æмæ мæнгард у... Уалынмæ нын æххуыс зындзæн... Фæзындзæн Серго дæр. Бутыринитæ ацыдысты,— алы минут дæр зынаргъ уыд/ стæй рынчын æгæр тыхстис йæ низæй. Буачи- дзе иунæгæй куы аззади, уæд цыдæр æнкъарддзина- дæй байдзаг йæ зæрдæ. Фæстаг бонты арæх мысы- дис йæ зæронд мады. Ацы нæфæразгæйæ йæ цуры куы фестид, уæд æй барæвдауид. Кæмдæр гыццыл гуырдзиаг хъæуы иунæгæй цæры æмæ æнхъæлмæ кæ- сы, йæ фыртмæ. Каторгæйæ куы ссыди, уæд æй абæ- рæг кæнынмæ хъавыди, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Ныр та йын æппындæр нæй ацæуæн... Дыккаг бон райсомæй горæты уынгты адæмæй азмæлæн нал уыд. Киосктæй скъæфтой газеты ног помыр æмæ йæ зыдæй кастысты: Тарскæйы станицæ- йыл цавæрдæр бандæтæ бандзæрстой æмæ хъаза- хъы ратардтой уырдыгæй. Уыцы хабар фехъусгæйæ, Æрхонæй æмæ Æрыдонæй хъазахъаг сотнæтæ фæ-^ фæдис сты æмæ Совнаркомы дуармæ хъæлæба сис- той. Уыдон сфæнд кодтой Тарскæйы станицæйы пырхгæнджытæм балæбурын æмæ домдтой хæцæн- гæрзтæ. Сæ фæндон сын фехъуыстой Апшероны пол- чъы хъазахъæгтæ дæр. Къазарматы хæстонты дзолгъо-молгъойæ ницуал бамбарæн уыди. Кæртьг æмызмæлд кодтой ирон салдæттæ æмæ хъазахъæг- тæ. Иу даргъ рихиджын есаул карзæй дзырдта, йæ къухтæ мæстыхуызæй тилгæйæ: — Цæмæ ма кæсæм? Æгъгъæд у æгады бынаты бадынæн! Ракæнут ротæ пулеметтæ æмæ дыууæ сар- мадзанимæ! Салдæттæ, цомут немæ, æнаккаг бан- дæйæ фервæзын кæнæм не ’фсымæрты, Тарскæйы станицæйы цæрджыты! Салдæтты къорд февнæлдтой сармадзанты кæт- 72
тæгтæм. Ратылдтой сæ кæртмæ æмæ сæм бæхтæ ба- кодтой, рахастой уæрдæттæм гилдзытæй дзаг асыч- чытæ. Командиртæ сæ ротæтæм æмæ взводтæм сид- тысты. — Уыцы фыдыздыхт есаул цы фæдис кæны? — сдзырдта Темболат, Апшероны полчъы къазарматæм тындзгæйæ. Уайтагъд фæзынди штабы къæсæрыл, бакасти йæ гаубицтæм. — Суадзут уæ бæхтæ! Батулут сармадзантæ дæр сæ бынатмæ! — хъæрæй загъта Темболат, æфсæддон- тæм хæстæг бацæугæйæ. Уынгæй къазарматы кæртмæ бакалдысты адæм. Сæ фæдыл æрбатылди автомобиль. Рахызтысты дзы Советы сæрдар Буачидзе æмæ республикæйы хæстон комиссар Бутырин. Темболат сын сæ къухтæ райста, стæй сыл æвдæм эскадроны æфсæддонтæ æрбамбырд сты. «Мæ дзырд раст уыди: торæты хæстон уавæр сæвæрæм, æрцахсæм змæнтæг афицерты», зæгъгæ,— хъуыды кодта Бутырин. Буачидзе йæ къух хæрдмæ систа æмæ’лæмæгъ хъæлæсæй æрлæуу-æрлæугæнгæ- йæ дзырдта: — Сырхæфсæддонтæ, хъазахъæгтæ! Тæссаг уа- вæр у. Æмæ уæм æз сидын, цæмæй равдисат лæгдзи- над æмæ провокаторты фæдыл ма ацæуат... Æрыдоны æмæ Æрхоны станицæты хъазахъæгтæ Адæмон Советы æмæ Совнаркомы æвастæй гæрзтæ райстой æмæ лæбурынц Тарскæйы станицæйьГрдæм. Фæллой- гæнæг адæмæн ног цард аразыны фадæттæ фæцис, фæлæ та сæ контрреволюци кæрæдзийыл ардауы, ха- лынмæ нын хъавы нæ ног сабыр цард... Сымах уе ппæты дæр фæнды сæрибар цардæй цæрын... Æнæ- хъуаджы йæ туг калын никæй фæнды... Афтæ нæу? — Нæ хъуыдытæ ууыл куы сты! Æгъгъæд у туг калын! — базмæлыдысты адæм. Буачидзе схуыфыди, 73
йæ кæлмæрзæн йæ былтæм схаста æмæ йæ тугæй- дзагæй райста.— Советон хицауад архайы ууыл, цæ- мæи уе ’хсæн фидыддзинад уа æмæ хæст дарддæр ма анхъæвза. Курын уæ, æмæ контрреволюционерты ар- \дыдæй туг калынмæ чи рацыди, уыдон сæ гæрзтæ бафснайæнт. Æваст топпы гæрах фæцыдис. —, Æмбæлттæ!..— сабыр хъæлæсæй ма сдзырдта Буачидзе æмæ тугæйдзагæй æрхаудта автомобильь Æфсæддонтæ джихæй аззадысты. Мæсты уынæр скодтой. Темболаты эскадроны барджытæ сæ хæ- цæнгæрзтæм февнæлдтой. Адæм æддæг-мидæг ауа- дысты. Бутырин æмæ Темболат цъилау зылдысты, Советы сæрдары чи фехста, уый агуырдтой. Фæлæ нал сбæрæг ис, фыдраконд чи æрхаста йæ сæрмæ, уыцы знаг... Горæтыл айхъуыстис Буачидзейы мæлæты хабар. Судзаг маст бацыд большевикты зæрдæты. Фæлæ нæ фæкъаддæр сæ ныфс, удайст нæ фесты. Уый уыдис, карз тохы бонтæм кæй æрхæццæ сты, уый нысан, æмæ сæм сæхи цæттæ кодтой, фæллад нæ зонгæйæ, æхсæв æмæ бон не ’взаргæйæ. 9 Изæрыгæтты Æрыдоны уынгты змæлæг нал уыди. Стыр хиды цур, рагон дыууæ бæласы бын, зæрæдтæ ^ дæр стæм хатт йедтæмæ ныхасмæ нал æмбырд код- той. Хъыпп-сыпп никæ’цæй хъуысы ацы изæр дæр. Фæлæ ма цавæрдæр адæм æнафоны иугай-дыгай цы- дысты къæнцылары цурты Мураты бæрзонд хæдзар- мæ. Хæдзар алырдыгæй у уыйрагдур сисæй æхгæд, пс ын стыр кулдуар. Дыккаг уæладзыджы фæрссæг- - тæй калди цырагъы рухс. Уыпгмæ хъуыстысты ны- 74
яæсты с^съуыддзæгтæ. Куы фæсабыр вæййынц, куы та, хылгæнæгау, хъæрæй дзурын райдайынц Мураты уазджытæ. Стъолы алыварс цы афицертæ бадти, уыдонæп Мурат касти партизанты номхыгъд. Афтечы кусæг Марго æмæ Хадзымæхы кой арæхдæр кодта. йæ чызг Фаризæт æм хъуыста, графииæй наливкæ уадз- гæйæ, æмæ йæ урсцъар цæсгом ’фырмæстæй артау сыгъди. — Æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы,— дзырдта Бе- леккайы-фырт, Дзæуджыхъæуы картæ йæ разы æрæ- вæргæйæ...— Горæтмæ ныббырсын хъæуы. Уыцы хæс нын нæ бар бакодта булкъон Бичерахты Георги. Булкъонтæ Иванов æмæ Швидков та Æрхоны хъа- захъ æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæй бацæттæ кæндзысты отрядтæ. Сослæнбег æмæ Белогорцев сы- стын кæнæнт Æрыдоны станицæ æмæ Дзермецыччы хъазахъы. Афтæ нын фæдзæхста булкъон Бичера- хы-фырт, Мæздæгæй куы цыдыстæм, уæд. — Æцæг афтæ у! — йæ ныхас баппæрста схъæл- рихи булкъон Фальчиков æмæ йæ сойæдзаг къухтæ асæрфта салфеткæйæ. — Хъуамæ ацырдыгæй ныццæ- вæм сырхыты... Кибиры-фырт æмæ Серебряков Кæ- сæджы архайынц, Цæлыччы-фырт — хъæдрæбынты, Æрыдоны æмæ йæ алыварс хъæуты — Бигъайы- фырт... Рохгæнæн нæй, знаг тыхджын кæй у, уый. Ленины комиссар æрæджы ссыди Дзæуджыхъæумæ. — Киров? — Нæ, Киров Мæскуымæ ацыд. Уымæ дæр хуы- мæтæджы нæ фæсидтысты. Мæздæджы æмæ Пяти- горскы съезды нæ куыд ахаста йæ хъæлæсы, уый ма хъуыды кæнут? Ныр та Орджоникидзе фæзынди... — Господа! Фæндон мæм ис... Хъазахъ кæд цæттæ сты, уæд ирон адæмимæ райсом æмбырд са- 75
разæм,— йæ цæстытæ хин цъынд бакæнгæйæ, загъта Фальчиков. — Хъазахъ цæттæ сты,— дзуапп радта атаман Швидков. — Хъазахъ цæттæ сты, фæлæ ирон адæм куьг фæсайой, уымæй тæссаг у. Æрыдоны æмæ Чырыс- тонхъæуы большевиктæ бирæ сты,— загъта Сослæи- бег.— Тыхджын у уæдæ Хадзымæт дæр... — Хадзымæт та кæй хоныс? — афарста Белекка- ,йы-фырт. — Æрыдоны партизанты сæр, керменист. — Уый мæ бар уадзут,— нал фæлæууыд Мурат, стæй йæ чызг Фаризæтмæ фæкомкоммæ ис æмæ йыл фæхъæр кодта: —Марадз, æфсинæн зæгъ æмæ ма нозт рахæссут! Фаризæт сæ æнад уазджыты ныхæстæй нынкъард ис, йæ сæр æруагъта, иучысыл æнæдзургæйæ алæу- уыд, стæй графинимæ азгъордта инпæ уатмæ. Гра: фин авæрдта йæ, мад Госæмæ, йæхæдæг сынтæгыл дæлгоммæ бахаудта æмæ нал урæдта йæ цæстысыг- тæ. Мад зыдта, йæ чызджы зæрдæ цы артæй судзы, уый, æмбæрста йын йæ сагъæстæ, фæлæ йып цæмæй баххуыс кодтаид? Иæхæдæг дæр уый тæригъæдæй йæ цæстысыгтæ тыххæй урæдта, афтæмæй арахъы гра- фин райста æмæ та йæ байдзаг кодта... Æхсæв-бонмæ нæ бафыпæй чызг,— йæ фыды зонд нæ райста йæ зæрдæмæ. Райсомæй раджы азгъордта афтекмæ Маргомæ. Радзырдта йын балбирæгъты æбуалгъ фæндтæ. — Сæ гæрзтæ срæвдз кодтой, ризынц æмризæджы Сырх Æфсады койæ,— дзуры Фаризæт къæзгæ, йæ ху^з фæцыди, афтæмæй.— Дзæуджыхъæумæ ^ныб- бырсын сфæнд кодтой. Мæиæп та мой кæиын кæны мæ фыд: кæнæ Сослæнбегмæ кæнæ Бадæгмæ,— мæс- 76
ты худт ’ ныккодта Фаризæт.— Уыдон сеппæт дæр Хадзымæтæн йæ иу бакасты, йæ иу сныхасы аргъ не сты. — Хорз, Фаризæт, ма тыхс. Мах зонæм уыцы хъуыддæгтæ... Ам ис ныр цалдæр боны Бичерахы- фырты хъузон Фальчиков. Ды кæй радзырдтай, уы- дон та ногдæр æмæ бæлвырддæр хабæрттæ сты. Буз- ныг, Фаризæт... Афицертæ хуымæтæджы не ’мбырдтæ кæнынц,— ’загъта Марго æмæ хабар æвæстиатæй фе- хъусын кодта’ Хадзымæтæн. Фæсидтысты Псыма æмæ Бечмырзæмæ дæр, ..рамбырд сты партизантæ. — Тъæбæрттæй уайут, Бечмырзæ æмæ Псыма, Чырыстонхъæумæ, — фæдзæхста Хадзымæт. — Зæгъут Георги æмæ Деболайæи, тагъд нæм куыд фæзыной, афтæ. Дыууæ партизаны абадтысты сæ бæхтыл æмæ фæ- цагайдтой, фæдисы цæуæгау... УÆЛАХИЗ 1 Семинары кæрты адæмæй базмæлæн нал уыдис. Алкæйы дæр фæндыдис, бæстæйы мидæг цы цаутæ цæуы, уыдопы мидис бамбарын, æмæ уый та æнцон хъуыддаг нæ уыд. Цы ’рцæудзæн сомбон? Чи ратдзæн мæгуыртæн царды фадæттæ? Чи тох кæны рæстдзи- надыл? Мæнæ Бичерахы-фырты номæй чи дзуры, уы- цы булкъонтæ, æви сæ ныхмæ æдæрсгæйæ чи сыстад, уыцы большевиктæ æмæ керменисттæ? Уæззау хæст кæй бадомдта, æвадат царды уæз кæуыл æрæнцад, уыдон æрцыдысты ардæм сæ ахс- джиаг фæрстытæн дзуапиагурæг. 77
Хадзымæт æмæ йе ’мбæлттæ хорз æмбæрстой адæ- мы сагъæстæ, хорз æмбæрстой, Фальчиков æмæ Сос- лæнбеджы хуызæттæ абон хъæуы цæрджыты сæ фæ- дьлл акæныныл сеппæт хъарутæй дæр кæй бацар- хайдзысты, уый дæр, æмæ урс хъуымацæй æмбæрзт стъолтæм сæхи хæстæгдæр байстой. Гæмæхсæр лæппулæг Тхосты-фырт цыма йæ мо- рæхуыз костюмæн счъизи кæнынæй тарсти, уыйау, стъолтæм хъавгæ бацыд æмæ æмбырд байгом кодта. — Хорз адæм! — сæртæг хъæлæсæй райдыдта дзурьш Тхосты-фырт.—Намысджын ир æмæ хъа- захъ! Гермапы хæсты, Турчы æмæ иннæ фронтты æгады ном нæ хастам. Ныр дæр, нæ цард аразгæйæ, хъуамæ æгады бынаты ма бадæм. Ис нын фадат... Рагæй нæ чи хъыгдары, Дзæуджыхъæуыл йæ арм цы цардхалджытæ æрæвæрдтой, уыдонæп ахъаззаг ных- къуырд раттæм... Нæ тыхтæ бирæ сты: ссæуы Биче- рахы-фырт, сбырсынц Деникины æфсæдтæ... Терчы бæстæ асыгъдæг кæнын хъæуы большевиктæй!.. Адæм базмæлыдысты æмæ цыма стыр хорздзи- надмæ æихъæлмæ кастысты, уыйау сæ цæстæнгас аз- дæхтой æмбырдаразджытæм. Бирæты Тхосты-фырты æнахъинон ныхæстæ рæхойæгау фæкодтой. — Гъе мардзæ, иры лæппутæ! Уæ цахъæн ма куы_уаин... Ма райсут худинаджы ном!.. ЛæджьГхуд- тæ уыл куы ис!—хъæрæй сдзырдта Илас æмæ, йæ цъæх цæстытæ адæмыл ахæсгæйæ, , æвзист хæцæн- джын лæдзæгæй дур æрхоста. — Калм йæ сæрæй маргæ у. Большевикты цæгъ- дын хъæуы сæ хицæуттæй райдайгæйæ,— йæ ныхас ын айста Бигъайы-фырт, йæ сау рихи аздухгæйæ, æмщ адæмыл йæ дзагъул цæстытæ ахаста.— Мæ от- ряд цæттæ у! — Цæттæ сты хъазахъ дæр,— цырд æм фæлæу- 78
уыд даргърихи хъазахъаг атаман Швидков дæр. — Хахуыр ныхæстæ кæны атаман! — фæхъæр код- та адæмы æхсæнæй иу мæгуырхуыз бурхил лæг,— фæллойгæнæг хъазахъ ахæм провокацийыл не сра- зы уыдзысты... Уый дзырдта хъазахъаг партизан, станицæйы Советы сæрдар Галич. — Раст зæгъыс! Уый хахуырдзинад у! — ныфс- джынæй загъта Хадзымæт. Бигъайы-фырт йæ бынатæй фестади. Йæ нарст цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, афтæмæй сæрдары хъусы цыдæртæ адзырдта æмæ ацамыдта Хадзы- мæтмæ. — Керменисттæ адæмыл гадзрахатæй цæуынц! — мæстыйæ загъта Сослæнбег.— Ам у’ын Мæздæджы кæнæ Пятигорскы съезд нæу!.. Цыдæр зæгъинаг ма уыди Бигъайы-фырт, фæлæ уалынмæ партизанты æхсæнæй рацыд иу цæсткæсæн- джын, тымбылдзæсгом лæппулæг. ,— Уый Цæголы-фырт у,— сдзырдта чидæр,— кер- мепистты хисдæр, Хадзымæты æмбал. Бирæтæ йын йæ ном рагæй хъуыстой. ’Хадзымæт куыд дзырдта, афтæмæй уазæг уыди стыр ахуыргонд, тохы — ныфсджын, мæгуыр адæмы сæраппонд йæ цард дæр чи ратдзæн, ахæм адæймаг. Æмæ дзы ныр сæ’цæстытæ нал истой æмбырды адæм. — Ныртæккæ нæ хæс совегон Дзæуджыхъæумæ лæбурын нæу,— бæрзонд хъæлæсæй райдыдта дзурын Георги. Сослæнбегитæ мæсты уынæр бакодтой, фæ- лæ уый йæ ныхас нæ баурæдта.— Не знаг æндæр у... Æмæ нæ хæс дæр æндæр хъуамæ уа. Нæ нысан у, Мæздæджы Деникины амындæй цы бичераховонтæ сыстадысты Советты ныхмæ, уыдонæн карз ных- къуырд раттын. Фæллойгæнæг адæмы хицауад уæм 79
’сиды: равзарут делегаттæ Терчы бæстæйы цыппæ- рæймаг съездмæ æмæ уым ног царды уынаффæтæ уæхæдæг скæнут. Ленин нæм сæрвыста йæ комиссар æмбал Орджоникидзейы. Уый Дзæуджыхъæуы ныхас кæндзæн съезды... — Уый та ма цавæр съезд у? Мах большевикты съезд ницæмæн хъæуы! — йæхи нал баурæдта Би- гъайы-фырт. — Цы хъусут уыцы æрцæуæггагмæ?! — йæ даргъ лæдзæг хæрдмæ фæхъилгæнгæйæ та сдзырдта бон- джын Илас æмæ тызмæгæй бакасти Цæголты Геор- гимæ. — Алы лæджы хæс дæр у Дзæуджыхъæумæ ацæ- уын æмæ иу большевичы амарын, — ныхъхъæр кодта урс афицер Дзугайы-фырт. Адæм та уыцы сæртæг ныхасмæ мæсты змæлд бакодтой. Сæрдар архайдта æмбырды уæвджыты ба- сабыр кæныныл æмæ дзæнгæрæгæй цагъта. — Дзырды бар раттæм Рæмоиаты Хадзымæтæн,— фехъуыст керменистты æхсæнæй. — Бирæ дзурын дзы цæмæн хъæуы?—дзуапп радта чидæр урс афицертæй, Хадзымæты ныхас ис- ты фыдбылыз куы асайа, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ Рæмоны-фырт комкоммæ бацыд стъолы размæ, йе стыр сау цæстытæ адæмыл ахаста æмæ сабыр, лæгъз хъæлæсæй дзурын райдыдта: — Мах нæ хъæуы Бичерахы-фырты æххуыс! Уый амондхæссæг нæу, уый хъавы адæмон хицауад ныцъ- цъист кæнынмæ, сымахыл, фæллойгæнджытæ, цагъа- ры къæлæт сæвæрынмæ. Арвитæм нæ минæвæрттæ Дзæуджыхъæуы съездмæ æмæ нæ цард хуыздæр куыд сар’азæм, ууыл баныхас кæнæм! Зæрæдтæ разыйы тылд бакодтой сæ сæртæ, фæ- сивæд дæр æнувыдæй хъуыстой Хадзымæтмæ. Сос- 80
лæнбегитæ бандзыг сты, дзырдхъом нал уыдысты, æмæ æмбырды сæрдармæ ’дзагъултæ кодтой. Æрæ- джиау уый дæр фестъæлфыд æмæ дзæнгæрæг ба- цагъта. Рæмоны-фырт йæ ныхас кодта дарддæр. — Æгъгъæд у, Рæмоны-фырт! Раттæм дзырды бар нæ буц уазæг Фальчиковæн дæр,— бадзырдта < йæм сæрдариуæггæнæг. Хадзымæт йæ ныхас куы фæци, уæд сæрдары цу- рæй цырд фестад цыбыргомау хъазахъаг афицер. — Æз ^ разы дæн Цæголы-фыртимæ, — сабыр ’ ауагъта йæ ныхас Фальчиков адæмы зæрдæтæ æл- хæныны тыххæй.— Бирæты фæнды ацæуын съездмæ... Уæрæсейы адæмты иудзинадыл чи хæцы, уыцы хи- цæуттæй æрвыст дæн æз дæр æмæ... — Бичерахы-фыртæй? — бахъæр æм кодта чидæр. — Курын æмæ уæлдай ныхас ма кæнут! — загъта æмбырды сæрдар Тхосты-фырт. — ...Фæлæ адæмы дихтæ чи кæны,— йæ ныхас дарддæр кодта булкъон, йæ чысыл цæстытæ æр- цъынд-æрцъындгæнгæйæ,— адæмы чи змæнты, уыцы большевиктиМ’æ мах никуы сразы уыдзыстæм... Адæм суынæр кодтой. Чидæртæ бахудтысты хъа- захъаг булкъоны æргом ныхасыл. — Большевиктæ æмæ урсытæ иу кæй не сты, уый нттæг раст у,— бадзырдта йæм худгæ, Хадзымæт. ...Бирæ быцæу ныхæсты фæстæ изæрдалынгты райхæлди æмбырд. Фæллойгæнæг мæгуыр адæм æм- зæрдæ уыдысты Хадзымæт, Георги æмæ иннæ боль- шевиктимæ. Хъæубæстæ сфæнд кодтой сæ минæвæрт- тæ съездмæ арвитын. Алчи тагъд кодта йæ хæдзар- мæ. Æрмæст ма Фальчиковимæ афицерты къорд цæ- уылдæр сусæг ныхæстæ кодтой семинары кæрты. — Цомут æмæ нæхæдæг саразæм нæхи æмбырд! — дзырдта Мурат.— Цомут Хоранты цæхæрадонмæ. Зæ- 6 Хадзымæт 81
ронд инæлар раджы схуыссы, стæй нæ уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзæн,— мах цыма уазджытæ стæм, уы- йау бацæудзыстæм æмæ бæлæсты бын фынджы уæл- хъус нæ уынаффæтæ аивæй бакæндзыстыстæм. Разы стут? — Цомут! — сразы сты иннæтæ дæр æмæ Мура- ты фæдыл фæраст сты. Изæр. Цæхæрадоны алыварс кæрæй-кæронмæ — уыйрагдурæй конд фидар быру. Цæгат-хурыскæсæны- рдыгæй быруйы рæбын бæрзонд гæдыбæлæстæ сусæг сыф-сыф кæнынц. Зад фæткъуы æмæ кæрдо бæлæс- тæн сæ къалиутæ æрзæбултæ сты зæхмæ. Цæхæрадо- ны, дидинджыты аууæтты, хæл-хæлгæнгæ згъоры дон. Галуаны хуызæн хæдзармæ æввахс — рæсугъд обау. Алы изæр дæр-иу уыцы обауыл цай цымдтой Созы- рыхъойы бинонтæ æмæ йæ бирæ уазджытæ. Арæх-иу цагътой грамафонæй дæр, æмæ-иу æнæхъæн сых æрæмбырд сты музыкæмæ хъусынмæ. Ныр обауы цур афицертæ сарæзтой се ’мбырд æмæ цырагъы рухсмæ туджы тæрхæттæ кæнынц. — Махæн не знаг хъазахъ не сты, Советты фæсурын хъæуы Терчы зылдæй. Сырхгвардионты æмæ партизапты пыццæгъдæм! — æртхъирæп кодта Бигъайы-фырт. — Афтæ бакæнæм, æмæ нæ куыднæуал хъыгда- рой Чермеюæмæ Хадзымæты хуызæттæ! — йемæ сра- зы Мурат. Хадзымæт æмæ Ботъоты Амы’рхан бахъуызыды- сты æмбырдмæ æмæ бæлæсты аууонæй байхъуыстой уыцы ныхæстæм. .— Тагъд почтæмæ, Амырхан! Тел ратт Орджони- кидземæ,— загъта Хадзымæт.— Тагъддæр цæугæ! Амырхан цæрдæг азгъордта почтæмæ. Базары фæзмæ бахæццæ. Кæсы, æмæ егъау фæз байдзаг урс 82
хъазахъæй — къордгæйттæй лæууыдысты æмæ цæ- уылдæр дзырдтой хъус-хъусы. «Урс бандæтæ сæ сæр- тæ сдардтой», — сдзырдта йæхинымæр Амырхан æмæ почтæйы къæсæрæй бахызти. Ам дæр бирæ адæм уы- ди. Тамакойы фæздæгæй дзаг уаты Амырхан нæ ба- фиппайдта, цавæрдæр хъазахъаг лæппу йæм æгæр лыстæг кæстытæ кæй кодта, уый. Тагъдгомау радта тел почтæйы кусæгмæ æмæ рацыд уынгмæ. Сæ хæ- дзарм,æ,куыддæр схæццæ ис, афтæ йæ фыды ’фсымæр Дударыхъо йæ фæстæ лæф-лæфгæнгæ æрбалæу- уыд. — Амырхан, мæ хур! Дæ сæр бафснай. Амырхан æм сагъдауæй кæсгæ баззад. - — Цæугæ! — загъта та Дударыхъо ризгæ хъæ- лæсæй.— Дæлæ дын кæм цы абырæг ис/ Уыдон дæ тел æрцахстой: Орджоникидзейы æмбæлттæй, дам, у... Æрцахсын æй хъæуы, зæгъгæ, дзырдтой... — Хадзымæт мæ куы фæрса,1 уæд ын-иу бамба- рын кæи... Æз цæуын Дыгурмæ, керменистты штабмæ... — Дæ сæр бафснай!.. Цæй большевикты мæт дæ ис?!—катайгæнгæ дзырдта йæ мад дæр. Фæлæ Амырхан йæхи арæвдз кодта’, йæ нымæты бын ам- бæхста фондзæхстон æмæ цæхæрадæттыл ахызти хъæугæронмæ. ...Бынтон æрталынг ис. Хъæуы цæрджытæ тарс- тæй аныгъуылдысты сæ хæдзæртты къуымты. Æр- мæст ма æнафонмæ Æрыдоны фæзы цалдæр афице- ры лæууыдысты æмæ мынæг хъæлæсæй кодтой Биче- рахы-фырты æмæ Фальчиковы кой. Хадзымæт, куыд нæ йæ бафиппайой, афтæмæй, се ’ддеты баивгъуыд- та афтекмæ. Маргойы æхсæвæр фыцгæ баййæфта. Чыйг ын йæ фæлурс хуызмæ куы бакасти, уæд æй афарста:- 84 \
— Цæуыл та сцырен сты афицертæ? Абондæргъы базары фæзы æмбырдтæ куы кæнынц. — Æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы... Не знæгтæ сфæнд кодто^ Дзæуджыхъæумæ ныббырсын. Сæ фæнд у Советтæ ныцъцъист кæнын... Хоранты кæрты сын ныртæккæ уыди сусæг æмбырд уый тыххæй. Марго иудзæвгар сагъдауæй аззад, Хадзымæтмæ æдзыиæг кæсгæйæ, стæй афарста: . — Цыппæрæм съезд ма сырæздзæн? Тохы бонтæ куы ралæууыдысты... — Райсом ч цом... Орджоникидзе ныхас кæндзæн съезды, кæд стыр тас у не знæгтæй, уæддæр,— дуар- мæ аздæхгæйæ, загъта Хадзымæт, стæй Маргойы къух райста æмæ уайтагъд æхсæвы тары аныгъуылд. 2 Адæм сæнкъуыстысты алы хъæуты. Дзæуджы- хъæумæ сæ ных сарæзтой. Уырдæм тагъд кæнынц цыппæрæм съезды делегат?æ. Къордгæйттæй саргъы бæхтыл, гъе та бричкæты æмæ уæрдæтты тындзынц Дзæуджыхъæумæ урсгвардионтæ дæр. Æрыдоны хуторы сæрмæ бон æрбацъæхи. Хуры тынтæ апырх сты хъæутыл, быдыртыл, — райхъал фæззыгон æрдз. Райсомы хъарм дымгæйæ æнæтынд нартхæрттæ сæр-сæр кæнынц, цыма сæ рæзты фæн- дагыл цæуæг сырхгвардионтæ æмæ партизантæн хъырнынц, уыйау: сæууоп уæлдæфы азæлы Тлаттаты Чермены зарæг. Цæголы-фырты сидтмæ керменисттæ абон рараст сты тохы фæндагыл. Георги æмæ Хадзымæт æнæдзургæйæ бадтысты тачанкæйы. Æхсызгонæн хъуыстой зарынмæ, фæлæ арæх акæс-акæс кодтой, сæ фæстæ фæндæгтыл цы бирæ адæм зындис, уыдонмæ. «Хуымæтæджы иæ цæ- 85
уынц Дзæуджыхъæумæ: сеппæт съездмæ нæ цæ- уынц, ай-гъай»,— хъуыды кодтой сæ дыууæ дæр. — Бæлвырд у, Фальчиковы Бичерахты Георги сæрвыста,— æрæджиау сдзырдта Цæголы-фырт, йæ пенсне æрисгæйæ. — Уыи æнæмæнг афтæ у, Георги! Мæнæн æй. дзырдæуыд... Кæд знон нæ фæндоныл сразы ис, уæд- дæр йæ хуымгæнд дæлдзæх ис,— загъта Хадзымæт.— Знон куыд фæлмæн æмæ фæдфæливæн хуызы рай-^ дыдта йæ ныхас! Стæй уæд æваст фемæхсти йе ’цæг зæрдæйы туг: мах, дам, большевиктимæ никуы сра- зы уыдзыстæм. Цыма уый искæмæн сусæггаг хъуыд- даг у,— йæ мидбылты бахудт Рæмоны-фырт. — Мæнгард англисаг империалистты агентыл æу- уæнк нæй. Хуымæтæджы йæ нæ сæрвыстой ардæм. Бичерахы-фырт æмæ Тугъаны-фырт Мæздæджы сæ менъшевикон хицауад сæвæрдтой. Фальчиков та Тер- чы бæстæйы сыстад саразынмæ хъавы. Уый бæрæг у дæлæ уы’цы адæмы сызмæлдæй дæр, стæй Созыры- хъойы кæрты цы сусæг æмбырд ацарæзтой, уымæй дæр,— йæ хъуыдытæ хъæрæй загъта Георги. > — Тас у, фæлæ цырд фæлæууын хъæуы... — Тас у махæн Бцгъайы-фырты хуызæттæй... Уы- дон нæ æнцад нæ ныууадздзысты, цалынмæ сæ нæ аиуварс кæнæм, уæдмæ... Хадзымæты дæр, æцæг, фылдæр маст уагътой Бигъайы-фырты хуызæттæ. Бæлццæттæ ахызтысты пъæлигонтæй. Партизантæ горæты кæройнаг уынгмæ бахызтысты æмæ" та ныз- зарыдысты Чермены зарæг. Хæдзæрттæй ракалдысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæронд лæгтæ. Хадзы- мæт, хъуыста зарæгмæ æмæ йæ цæстытыл уадысты ивгъуыд бонтæ. — Хъуыды ма кæныс,— сыгъдæг урс хæхтæ изæ- 86
ры дыдзы хурмæ куыд сæрттывтой, уымæ кæсгæйæ, - дзырдта Хадзымæт Георгийæн,— Киров куыд дзырд- та февралы Пятигорскы съезды, уый? Мæ зæрдыл æр- лæууыди йæ иыхас, зарæгмæ хъусгæйæ. Георги йæм раздæхти. Кировы бирæ раныхæстæй кæцыйы кой кодта Хадзымæт, уый нæ бамбæрста. — Æз дын сæ æрымысдзынæн... Киров дзырдта: кæд мах фæнды æппæт контрреволюцион тыхтæ дæр æнæхатырæй иуварс аппарын, уæд хъуамæ тынгдæр ныффидар кæнæм нæ иудзинад, не ’фсымæрон æм- дзæриндзинад, нæ сыгъдæг революцион цæдис. Мах хъуамæ зæгъæм уый, æмæ Кавказы хæхты канд рæ- сугъддзинад кæй нæй, фæлæ уыцы сæрыстыр, æнгом рæхыстау баст къæдзæхты кæй ис æнæбасæтгæ фи- дардзинад дæр, æмæ ууыл æппæт реакцион тыхтæ дæр ныссæтдзысты сæхи,— уырдыгæй канд тымыгъы ниуын нæ хъуысы, уыцы æгомыг уынгæг кæмттæй хъуысынц демократийы æцæг фыртты ныфсджын ре- волюцион зарджытæ дæр... Уыцы сызгъæрин ыыхæс- тæ никуы, ферох уыдзысты хæххон адæмæй. Георги бахудт. — Хорз сæ бадардтай дæ зæрдыл. О, уый нæ тохы программæ у, Хадзымæт! «Нæ уыдзæн, никуы аныгуылдзæн Терчы бæстæ- йы дæр, æвддæсæймаг азы октябры большевиктæ цы намысы æрттивгæ стъалы ссыгътой, уый. Нæй феха- лæн, Дзæуджыхъæуы, Грознайы, Мæздæджы; Пяти- горскы, Хъызлары цы советон цард æрæвæрдтой, уы- мæн»...— хъуыдыты ацыд Хадзымæт æмæ йæ цæсты- ты хъазыди цины бæллиц, ныфс, амонд. Иу рæстæджы бичераховонтæн бантыст хицауад сæхи къухтæм райсын, фæлæ, Кировы разамындæй, уыдон дæрæнгонд æрцыдысты. Уыйфæстæ ма Белеккаты булкъон дæр Дзæуджы- 87
хъæуы Советон хицауады ныппырх кæныныл афæл- тæрæнтæ кодта, æмæ уый дæр кусджытæ афистæг кодтой, стæй бельгийаг капиталистты дæр фæсырд- той. Уæдæй нырмæ ногæй кусыпц Советтæ,- Киров сын разамынд дæтты, афтæмæй. Ацы цаутæ та ауадысты Хадзымæты цæстытыл, се ’нгас иуцъусдуг фæтар ис, фæлæ та уайтагъд фæ- рухс, хур мигъы аууонæй^куы ракæса, уыйау: «Ныр мах нæхæдæг дæр тыхджындæр стæм, стæй адæм дæр фембаргæдæр сты»,— ахъуыды кодта уый. Ныр Сергей Миронович Мæскуыйы ис, фæлæ Тер- чы бæстæйы большевиктæм Ленин сæрвыста йæ хуыз- дæр æмтохгæнджытæй , иуы, ’ Серго Орджоиикидзейы. «Цы нын зæгъдзæн, разы уыдзæн æви нæ Серго, мах, хæххон револ-юцион фæсивæды куы фена, уæд?» — хъуыды кодта Хадзымæт,> сæ отрядтæ кино- йы агъуысты цур куы æрлæууыдысты, уæд." 3 Хур фæкъул ис. Æризæр. Бульвары нал уыди иу змæлæг дæр. Кинойы бацæуæны балкъоны бынмæ изæрон дымгæмæ фæйлыдта даргъ кæттаг. Йæ уæ- лæ уыди фыст: «Салам Терчы бæстæйы фæллойгæ- нæг адæмты съезды делегаттæн!» Кинойы цурмæ æм- бырд кодтой делегаттæ: чи бæхыл цыди, чи та фис- тæгæй, кæнæ уæрдæтты æмæ линейкæты. Сæ хур- сыгъд цæсгæмттæ уыдысты карзхуыз. Бæрæг уыди, цыдæр маст сæ кæй фыхтис, уый. Хуымæтæджы нæ фæзындысты гæрзифтонгæй дæр. Делегаттæ æрцахс- тойсæ бынæттæ. Æнхъæлмæ ма кастысты Орджони- кид^емæ,— уый ацыдис фронтмæ æмæ нæма зындис. Иу афон кинойы цурмæ батылд цъыфæйдзаг рог машинæ. Автомобилы дуар фегом ис æмæ дзы ра- 88
хызтысты Серго æмæ Бутырин. Сæ уæлæ æ.фсæддон дзаумæттæ, бæрзонд цъупп худтæ сыл. Тагъдгомау бахызтысты залмæ, схызтысты трибунæмæ. Серго æвæстиатæй дзурын райдыдта: — Уæззау сахат æрæмбырд стæм, æмбæлттæ! Хъазахъы бонджынтæ æмæ афицертæ Мæздæг ба- цахстой. Фæллойгæнæг адæмы фæсайдтой, сæвæрын- мæ та хъавынц хæдхæцæг паддзахы хицауад. Фæл- лойгæнæг хъазахъ! Бамбарут мæнгард Шкуро æмæ Бичерахы-фырты гадзрахатдзинад! Ма баууæн- дут уе знæгтыл!.. Делегаттæ æнцад, зæрдæбынæй хъуыстой. Серго- йы алы ныхас дæр зыдæй ныхъуырдтой. Уый дард- дæр дзырдта: — Бичерахы-фырт нæм ультиматум сæрвыста, æртхъирæнтæ нæм кæны, цалынмæ, дам, сырх æф- сæдтæ фронты сæ гæрзтæ æрæвæрой æмæ сæ комис- сарты раттой мах къухмæ, уæдмæ хæст нæ банцай- дзæн. Фæлæ мах стæм большевиктæ æмæ никæй къæхты бын атулдзыстæм, нæ гæрзтæ никæцы зна- джы цур æрæвæрдзыстæм. Мах нæ комиссарты æв- зарæм нæхæдæг æмæ сæ ивгæ дæр акæнæм, адæмы фæндон куы нæ уал феххæст кæнынц, уæд. Нæ на- мысджын Сырх Æфсад не ’рæвæрдзæи йæ гæрзтæ, цалынмæ пролетарон революцийы знæгтæ иууылдæр скуынæг уой, цалынмæ фæуæлахиз уæм, уæдмæ. Уый уын фæллойлæнæг хъазахъы æмæ хæххон адæмты большевикон дзуапп хъазахъы бонджынтæн æмæ афицертæн. Къухæмдзæгъды бын фесты Сергойы фæстаг ны- хæстæ. Уыйфæстæ Бичерахы-фырты ультиматумыл ныхас кæнын райдыдтой съезды делегаттæ. — Арвитæм Бичерахы-фыртмæ делегаттæ бафи- дауыны тыххæй,— дзырдтой чидæртæ. 89.
Серго бирæ фæхъуыста уыцы ныхæстæм, стæй та трибунæмæ бацыд. — Делегаттæ арвитыны фæндон хæссынц иуæй- иутæ. Уый бафæлварын æвзæр нæу, ’Дыууæйыл кæд у бафидыд, уæддæр,— загъта Серго. Съезд минæвæрттæ сæвзæрста, æмæ уыдон ацы- дысты Бичерахы-фыртимæ ныхас кæнынмæ. Фронт уыди Прохладнæйы цур. Боныгон-иу хæст чысыл фæсабыр, фæлæ-иу изæрырдæм гæрæхтæ стынг.- сты дыууæрдыгæй дæр. Терчы былгæрæттæ-иу нал зындысты фæздæгæй, топпыхосæй ныссау сты, доны сæрты цы хид æвæрд уыди, уый фæйнæджытæ. Фæй- нæджыты сæстытæ кæм судзгæ кодтой, кæм та хъил- тæй лæууыдысты. Бичерахы-фырты хъазахъæгтæ хидыл бахизыыыл фæлвæрдтой, фæлæ сæ къухы не ’фтыд. Галиуырдыгæй фронт хæццæ кодта Екатерино- градмæ, рахизырдыгæй та — Котляревскы станицæ- мæ. Делегатты цæуын хъуыди Котляревскмæ. Ста- ницæмæ ныххæццæ сты изæрæй. Бичераховонтæ доны былтыл акъоппыты бадтысты æмæ съезды минæвæрт- ты куы федтой, уæд сæ размæ рацыдысты: — Чи сту.т! — афарста оæ иу хъазахъаг æмæ сæм топп фæдардта. — Æрра фæдæ? — фæхъæр ыл кодта иннæ хъа- захъаг æмæ йын йæ кæрæбин аиуварс кодта.— Уы- дон фидауынмæ кæй цæуынц, уый нæ уыныс? — Æмæ урс тырысамæ ацамыдта. Фыццаг хъазахъаг хорзау- нал фæци æмæ ху- дынырдæм аздæхта хъуыддаг: I— Тæрсын сæкодтон. — Дæ бинонты фæтæрсын кæн, æдылы къоппа. 90
— Куы бафидауиккам, бæргæ! — сдзырдта æр- тыккаг хъазахъаг, делегаттæм æдзынæг кæсгæ- йæ.— Науæд нæ туг цæуыл калæм? Цыппар азы мæ бинонтæ мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, мæнæн та сын баххуыс кæнын мæ бон нæу... Хъазахъæгтæ большевикты минæвæртты сæ фæ- дыл акъоппытæм акодтой. Уым сын бабастой сæ цæс- тытæ æмæ дарддæр араст сты. Бахæццæ сты стани- цæмæ. Райхæлдтой сын сæ цæстыты баст æмæ сæ ба- кодтой атаманы хæдзармæ. Стъолы уæлхъус бадти бæрзондгомау афицер. Афицер куы базыдта, ми- нæвæрттæ цæй фæдыл" фæзындысты, уый, уæд йæ былтæ фесчъил кодта, фестад, телефонæй кæмæдæр адзырдта, стæй хæтæл æрæвæрдта æмæ фехъусын кодта: — Бичерахы-фырт ныртæккæ фæзындзæн. Разы у фидауыныл. Цалдæр минуты фæстæ дуар фегом ис, æмæ æр- бахызти иу лæг сау цухъайы, йæ оæрыл бухар худ. Йæ зылын дзыхы дардта бапъироз, афтæмæй худæндзастæй касти. Уый уыди булкъон\,Бичерахты Георги «фыд-зæрдæ», «зылындзых», зæгъгæ, æндæр ном кæмæн не ссардтой адæм, уый. Булкъон сбадти стъолы цур. Делегаттæ йын йæ разы æрæвæрдтой съезды фæдзæхсты гæххæтт ба- фидауыны тыххæй. Бичерахы-фырт гæххæтмæ сæ- рыстырæй æркæстытæ кодта, йæ дзых тынгдæр ныззы- лынтæ, йæ тамакойы зынг æрхуыссын кодта, гæххæтт атыхта, стæй дзуапп радта: — Æз разы дæн... Æрмæст большевиктæ сæ ко- миссарты раттæнт. Сырх Æфсад фронт суæгъд кæ- нæд, сырхæфсæддонтæ ацæуæнт сæ хæдзæрттæм! — Æндæр ницуал зæгъдзыиæ, господин Бичера- хы-фырт? — бафарста сырхытæй иу. 91
— Ницуал... Делегаттæ фестадысты. Дыууæтæ дæр бамбæрс- той, хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый. Минæ- вæрттæн та сæ цæстытæ бабастой, станцæмæ сæ ба- ластой, æмæ поезды рацыдысты Дзæуджыхъæумæ. Горæтмæ бахæццæ сты изæрæй. Бацыдысты Ор- джоникидзейы вагонмæ. Фехъусын ын кодтой Биче- рахы-фырты дзуапп. — Ахæм æлгъыстæй æндæр дзуапп кæй нæ уы- дзæн, уый æз зыдтон,— загъта Серго, йæ дзыппыты йæ къухтæ ныккодта, афтæмæй вагоны рацу-бацу- гæнгæйæ.—Къæрцхъус уæвын хъæуы неппæты дæр Знаг мæнгард у... . Вагонмæ æмбырд кодтой партизантæ æмæ ’ком- мунисттæ. Тынг тæссаг сахат кæй уыди, уый зынд- гонд у алкæмæн дæр. Патрультæ зылдысты талынг уынгты. Цæрджытæй из^ерæй æддæмæ ничиуал касти. Серго æмбарын кодта уавæр, дзырдта, иудадзыг- дæр хи цæттæ дарын кæй хъæуы, уый тыххæй. 4 Дыккаг бон съезд дарддæр куыста кадетты кор- пусы агъуысты. Аходæн афон хæхты сæрмæ мигъ фескъуыдтæ ис, æмæ уалынмæ кæмтты сæрмæ арв ныйирд ис. Бæстæ фæрайдзастдæр. Хуры рухсы аныгъуылдысты хæ- дзæрттæ. Корпусы кæрты бæлæсты бынты аууæттæ фæцыбырдæр сты. Адæм сæхи ’байстой аууæттæм, æнхъæлмæ кас- тысты сæ минæвæрттæм, фæндыди сæ базонын, уыдон фронтæй цы хабар схастой, уый. Уалынмæ чысыл рог машинæ кæртмæ æрбацыди. Уый уыдис Орджони- кидзе æмæ Бутырины автомобиль. — Æгас цæут, æмбæлттæ! — йæ сæрæй акувгæйæ, 92
загъта бæзджып хъæлæсæй Серго, машинæйæ куы рахызт, уæд, æмæ йæ цæстытæ ахаста, дуары цур цы сырхгвардионтæ æмæ керменисттæ лæууыдысты, уыдоныл. Хадзымæт, Чермен, Дебола, Георги æмæ йæм иннæтæ хæстæг балæууыдысты. Серго сын сæ къухтæ райста, стæй иумæ бацыдысты залмæ. Съез- ды уыдис алыхуызон контрреволюционертæ дæр. Уа- вæр зын бамбарæн нæ уыд. Алчидæр æрцыд гæрзти- мæ, алчидæр хæсты тæваг æмбæрста. Эсертæ, Биче- рахы-фырты агент ’ Фальчиков дзырдтой большевик- ты ныхмæ æмæ советон республикæйы аххосджын кодтой: «адæмы дихтæ кæнынц», «иудзинад нæм нæй уый аххосæй», зæгъгæ. Залы талынг къуымæй эсер Семенов хъым-хъым кодта: >(— Шкуро куыд халы йæ гуымиры лæбурдтытæй сабыр цард, афтæ Совдептæ дæр халынц иудзинады принцип. Сценæмæ схызти, Бичерахы-фыртмæ цы делегат- тæ ацыди, уыдонæй иу. — Бичерахы-ф’ырт алы æфсæнттæ кæны, фидауы- ны фæндагыл нæ лæууы,— дзырдта уый.— Иæ ульти- матумæй ничердæм здæхы... Делегаттæ уыцы ныхæстæм байхъусгæйæ æрæн- къ’ард сты. Уæд ’Фальчиков йæхи; хæстæг баласта трибунæмæ. Съезды адæмæй бирæтæй нæ ферох, уый æрæджы дæр ма кæй æппæлыд Бичерахы-фыртæй, æмæ йæ трибунæмæ цæугæ куы федтой, уæд алы- рдыгæй райхъуысти: — Уырдыгæй адде уæд учредиловец! — Атæрут уыцы провокаторы! Фальчиков йæ цæсгом ныссау кодта, ныкъкъæй- :ных, афтæмæй дзыр’дта: — Цалдæр боны æз бадын ацы съезды, хъусын 93
хæстмæ сидыны хъæртæ,— æмæ ацамыдта йæ къух- тæй Хадзымæты ’рдæм. — Фесæф ардыгæй, провокатор! — фæхъæр та кодта Хадзымæт. Схор-хор кодтой иннæтæ дæр. Цы гæнæн ма уыдис эсерæн,—сæргуыбырæй æрхызти трибунæйæ. , - Йæ бынатæй сыстад Серго, рæвдз бахызти трибу- нæмæ. Коммунистты æмæ сырх партизанты къухæм- дзæгъдæй залы къултæ ныррызтысты. — Æз ацы трибунæйæ уый зæгъинаг дæн,— ком- коммæ райдыдта Серго, къухæмдзæгъд куы фæсабыр ис, уæд йе стыр сау цæстытæ Фальчиковы ’рдæм фе- здахгæйæ,— æмæ Бичерахы-фырт у контрреволюцио- нер, хахуыр хæссæг, æмæ уый фæсдзæуин чи уа, уы- дон дæр сты уымæн йæхи хуызæи контрреволюцио- нертæ!.. Залæн йæ рахизфарс’ырдыгæй цй хъæздыгцæрæг хъазахъæгты делегаттæ бадтысты, уыдон мæсты уынæр скодтой æмæ цыдæртæ дзырдтой. Фæстагмæ се ’хсæнæй сыстад иу даргъбоцъоджын лæг æмæ, пре- зидиуммæ амонгæйæ, хъæрæй райдыдта: —^Щлронг чи не ’рцыдис, ахæм æнæуаг хъуыддаг уынæм^мах; Центрон хицауадæй æрвыст лæг, Хуссар Уæрæсейы комиссар Орджоиикидзе, цы нæ æмбæлы, ахæм цъыфкалæн ныхæстæ загъта хъазахъы ных- мæ... Уымæй бафхæрдта æнæхъæн съезды дæр. Мах домæм Орджоникидзейæ, цæмæй иæ ракура хатыр... — Æз æргом дзурын,— дзуапп радта Серго,— мæнмæ кæддæриддæр разындзæн хъару, цы загътон^ уый та ногæй зæгъынмæ æмæ ма ноджыдæр зæгъын: Бичерахы-фырт хахуырхæссæг, хæсты арт æфтауæг, ^онтрреволюционер у æмæ йемæ чи ис, уый дæр у йæ халдих. Фæллойгæнæг хъазахъы нæ бафхæрд- тон æмæ сæ никуы бафхæрдзынæн. Уый, мæнмæ гæс- 94
гæ, уыдон сæхæдæг дæр зонынц. Кæд уæ зæрды съезд фехалыны фæнд ис, уæд уый Орджоникидзейы аххос ма кæнут. — Ам махæн нæ ныхас кæрæдзиуыл не сбаддзæн. Зæххы æмæ æндæр фарстаты тыххæй нæ хъуыдытæ сты алыхуызон, — райдыдта дзурын иу хусцæсгом, къæсхуыр, лæгуынсæр эсер.— Дзурын хъæуы топпы дзыхæй... — Уый 1 контрреволюци у!—дзуапп ын радта сырхгвардионтæй иу, йæ фондзæхстон кæрæбин фел- васгæйæ. Уый уыди партизан Бечмырзæ.— Стæй уы- мæ куы æрцæуа хъуыддаг, уæд фæфæсмон кæндзы- стут! — Мысты хуынкъ туманæй агурдзыстут... — йæ ныхас баппæрста Хадзымæт дæр. —: Судзынц знæгты ныхмæ схæцыны мондйгæй,— загъта Серго Бутыринæн, сценæйæ куы æрцæйхызт, уæд, Хадзымæт æмæ Бечмырзæмæ амонгæйæ. Кæцæйдæр топпы гæрæхтæ фæцыди, делегаттæ фæйнæрдæм фæпырх сты. — Цы хабар у? — Кæцæй цæуынц гæрæхтæ? — фарстой кæрæ- дзийы. — Уæ гæрзтæ райсут! Бæхтыл бадгæут! — хъуыс- тис Хадзымæты командæ. Корпусæй кæртмæ, бæхдæттæм талынджы згъорд- той партизантæ. Темболат æмæ Тасуй ратылдтой сæ гаубицтæ цæхæрадонмæ, иу бæласы аууонмæ... * * Августы ,мæйы, съезд ма цыдис, афтæ хæстытæ райдыдтой горæты. Бичерахы-фырты бандæ балæ- -бурдта Дзæуджыхъæумæ Цæнгæт хиды ’рдыгæй .æмæ 95
Ирыхъæуы слабодкæйæ. Згъæлæгау кодтой топпыты æмæ пулеметты нæмгуытæ. Хæст стынг ис Малакан- ты æмæ Курскы слабодкæты дæр. Сырхытæ æхстой хæдзæртты сæртæй, рудзгуытæй, къахтой акъоппытæ. Гæрæхтæ тынгæй-тыигдæр кодтой. Фæлæ сырхытæн сæ ныфс къаддæр нæ кодта фæуæлахиз уæвынмæ. Цæнгæт хид бацахсынмæ сæ ных сарæзтой урсытæ, æмæ Серго бардзырд радта: æвæстиатæй хидмæ! Чи бæхыл, чи фистæгæй згъордта уынгты. Парти- зантæ æмæ сырхгвардионтæ, керменисттæ æмæ слат бодкæты , хихъахъхъæнæг дружинæтæ алырдыгæйг бырстой Терчы ’рдæм. Терчы фалейæ сыл нæмгуытæ згъæлдта урс хъа- захъы броневик. Нæмгуытæ æхситгæнгæ тахтысты сæ сæрты æмæ æмбæлдысты хæдзæртты къултыл. Са- шæ Гегечкорийы сырхæфсæддонтæ æрурæдтой урсы- ты, сæхгæдтой сын сæ фæндаг кадетты корпусмæ„ съезд кæм куыста, уырдæм. Серго æнæрынцойæ зыл- дис доны былтыл,— уый разамынд лæвæрдта хæцæг адæмæн. Иæ фæдыл зылди керменист Бечмырзæ. Хадзымæт ын бафæдзæхста, Орджоникидзейæ макуы- дæм фæхицæн у, хъахъхъæн æй, исты йыл куы æр- цæуа, мыййаг, зæгъгæ. Хадзымæт йæхæдæг та йæ къордимæ Гегечкорийы отрядæн феххуыс кæнынмæ фæтагъд кодта. Æмæ мæнæ ныр, Сашæйы фарсмæ йæхи æруадзгæйæ, дурты фæстæйæ æхсы, хидыл æр- бахизынмæ чи хъавыд, уыцы урсыты. Маст фыцы йæ риуы. «Ахæм ма тыхмондаг адæм уа! Нæй иу минут ; дæр царды фæндтæ нывæндынæн. Куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй бирæгътау лæбурынц урсытæ. Сæф- ты къахыл ныллæууыдысты æмæ сыл базыртæ база- дис. Фæлæ нæ, уæ фæндтæ та уæ.хъуыры фæбаддзы- сты, удхортæ!» — хъуыды кæны Хадзымæт æмæ та ныхъхъавы урсгвардионтæм... 96
Æнæнхъæлæджы уыди сæ ныббырст. Сырхытьг хъуыди сæ тыхтæ æрбамбырд кæнын. Орджоникдизе арвыста Дебола æмæ Чермены Курскы слабодкæмæ. Уым æмбырд кодтой кусджыты, арæзтой дружинæтæ. — Хæсты бацыдис æнæхъæн горæт. Разамынд дæттынæн сæрмагонд бынат куы нæ уа, уæд ныддих- тæ уыдзыстæм. Штаб æмæ скъладмæ баирвæзын хъæуы! — сфæнд кодтой Серго æмæ Бутырин. Фæлæ уый æнцон хъуыддаг нæ уыди. Бутырин къорд хат- ты фæлвæрдта штабмæ телефонæй бадзурын, фæлæ никуы æмæ ницы. Дзуапп ын куы ничи1 лæвæрдта, уæд йæ фатермæ бадзырдта. Иæ ус Поля йын ра- дзырдта: — Фыццаг гæрæхтæм рауадтæн уынгмæ. Хиды цур урс хъазахъæгты ауыдтон. Уыдон хидмæ кæй- дæр æхстой. Æрæджиау мæ цæст фæхæсти Гегечко- рийыл. Уый æхста урсыты, сырхæфсæддонтæ цæмæй хидыл ахизой, уый тыххæй. Куы бафале сты, уæд фæзындысты бæхджын урсгвардионтæ, æмæ Гегечко- ри донмæ ныггæпп кодта, афтæмæй баирвæзт нæхи- онтæм. Бутырин Поляимæ йæ дзурын фæуагъта. Рауад корпусы кæртмæ. Уым къорд барæджы Сергойы алы- варс лæууыдысты. Уалынмæ фæзындысты Хадзымæт æмæ Гегечкори дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй урс хъазахъ æнæхъæн фракцийæ съездæй ралыгъды- сты Соколов æмæ Белеккайы-фырты бандæтæм. Се- менов æмæ Фальчиков дæр фæаууон сты. Æмæ ууыл ничи бадис кодта — бирæгъ йæ кæнон нæ уадзы! Темболат йæ батарен бæлæсты аууон бамбæхста æмæ æнæрынцойæ æхста,— сармадзанты нæмгуытæ, цæхæртæ калгæ, уæлдæфы сыф-сыф кодтой, хауды- сты Ирыхъæуы сæрмæ, хаттæй-хатт та горæты астæу. Темболат бæлвырд нæ зыдта, урсытæн сеппæт ахс- 7 Хадзымæт 97
тæттæ кæмыты сты, уый, фæлæ йæм биноклæй хорз зындысты Ирыхъæуы аргъуаны сæрæй^урсыты пуле- метты цæхæртæ. Дзæбæх зындысты хъæды ’рдыгæй къуыбыртыл урсыты акъоппытæ дæр. Уырдыгæй Бе- леккайы-фырты сармадзантæ Терчы сæрты æхстой Калачы фæндагмæ, æмæ уыдоныл дæр Темболат калдта йæ сармадзанты судзгæ нæмгуытæ... Кæрты чи æрæмбырд, уыдон зæрдæрайгæйæ кас- тысты Темболаты арæхстджын куыстмæ. Бутыринæн æрбакодта бæх, корпусы дуармæ цы бурхил хъазахъаг лæууыд, уый. —’ Ды та ма, Степан, ам цæмæн баззадтæ, хъа- захъ иууылдæр куы алыгъдысты урсытæм! — хъа- зæгау афарста Бечмырзæ йæ зонгæ æрыдойнаг мæ- гуыр хъазахъаджы, Бутырины саргъы æгъдынцо- йыл фæхæцгæйæ. Степан фефсæрмы ис, фæлæ йæ маст нал баурæдта, уымæн æмæ сыгъдæг зæрдæйæ рацыд тохмæ, иухатт Деболаимæ Буачидзейы ахæс- тонæй уæгъд кæнынмæ куыд рацыд, афтæ. ; — Æнæууылд ныхæстæ дзы ницæмæн хъæуы,— дзуапп радта хъазахъаг Бечмырзæйæн.— Ды цæ- уылнæ ацыдтæ семæ? Уым канд хъазахъ не сты, ирæттæ дæр ис урсытимæ.Бичерахы-фырт дæр ирон куы у! — Раст зæгъыс, Степан. Иухуызон не сты хъа- захъ дæр æмæ ир дæр — загъта Бечмырзæ.— Æз хъазгæ кодтон. Зонын дæ... Серго æмæ Бутырин сæхи рæвдзытæ кодтой, аф- тæмæй фехъуыстой дыууæ партизаны ныхæстæ æмæ сæ мидбылты бахудтысты. — Цæттæ стæм. Кæдæм цæуæм? — сдзырдта Бу-- тэдрин, йæ бæхы згъæллаггом æрбалвасгæйæ. — Цæуæм. Æрæмбырд кæнын хъæуы фылдæр æфсæдтæ,. Штаб дæр аивæм горæтæй. Ам уал Гегеч- 98
кори^ Хадзымæт æмæ Темболат уромдзысты зна- джы../ Семæ уыдзысты Чермен æмæ Дебола’дæр. Сергойы фæндыл дыууæ нал загътой иннæтæ дæр æмæ араст сты йæ фæдыл. Калачы фæндагæй ба- хызтысты Терчы сæрты Сараджевы заводы ’рдæм, стæй æрцыдысты Шалдонмæ, уырдыгæй та вагзалмæ. Серго йе штаб ахаста Уваровы цæхæрадонмæ. Дык- как бон сбæрджытæ кодта урсыты бадæнтæ, цас сæм ис тыхтæ, уый, æмæ арвыста, Прохладнæйы фронт- мæ цы сырх отрядтæ ацыдис, уыдонмæ. Цалынмæ йæм æххуыс цыдис, уæдмæ æхсæвыгæтты æмбырд кодта ног тыхтæ. Темболаты сармадзантæ цæмæй растдæр æхста- иккой, уый тыххæй сæм бонырдæм Серго ч’ысыл от- рядимæ Терчы сæрты бахызти бæлвырд бæрæггæ- нæнтимæ. Темболат сæм кастис биноклæй. — Æхсынмæ æрцæттæ кæнут батарей! — коман- дæ радта уый. Фæлæ Сергойы отряд куы æрбаввахс ис, уæд фæхъæр кодта: —Ма фехсут! Нæхи куы сæф- там. Уый Серго у! — Байрйат, æмбæлттæ!—загъта Серго хæстон- тæн, корпусы кæртмæ куы æрбахæццæ, уæд. — Кæм ис уæ хъахъхъæнæн пункт та? — Уæртæ, — бацамыдта Темболат, кæрты цы хуыскъ фантан уыди, уырдæм. Серго схызти фанта- ны сæрмæ, биноклæй акасти горæтмæ, стæй загъта: — Æхсын хъæуы, урсытæ цы хæдзæртты бадынц, уыдон, горæты астæумæ, слабодкæтæм... Терчы был- тыл хъахъхъæнджытæ сæвæрут! — Уым Гегечкори æмæ Хадзымæт сты! Серго абадти йæ бæхыл æмæ ацыди, Малаканты слабодкæйы цы сырхæфсæддон хæйттæ уыди, уыдон- мæ. Уыйфæстæ ма горæты алыварс бирæ фæзылди, фидар кодта фронт цæгаты, хурыскæсæны æмæ хус- 99
сарырдыгæй. Гом ма уыди æрмæст Владимирскы сла- бодкæйы район. Æмæ ууыл дæр ахъуыды кæнын хъуыдис. Æфсæддонтæ æмбæрстой Орджоникидзейы пълан. Уыцы пъланмæ гæсгæ сырхытæ хъуамæ го- рæты астæумæ бабырстаиккой Курскы слабодкæйæ, вагзалæй, Шалдонæй æмæ Малаканты слабодкæйæ. Дыккаг бон Серго Уваровы цæхæрадонмæ фæсидтис отрядты комиссартæм. — Чермен æмæ Дебола ацæуæнт фæстæмæ Кур- скы слабодкæмæ. Гегечкори, Хадзымæт æмæ Тембо- лат, сымах баззайут Малаканты сла’бодкæйы. Тасуй, ды та уыдзынæ вагзалы æмæ Шалдоны районы Бо- тъоты Амырханимæ,— дзырдта Серго, стæй йе ’ргом аздæхта иу æнахуыр лæгмæ.— Стыр хорз хъуыддаг бакодтай, æмбал Сокольник, Прохладнæйæ афойна- дыл кæй схæццæ дæ, уымæй. — Нæ фæндаг нын Елхоты алыг кодтой булкъон- тæ Елойы-фырт æмæ Кибиры-фырт,—дзуапп радта Сокольник.— Уыдон фехæлдтой æфсæнвæндаг. Мах семæ схæцыдыстæм æмæ сирвæзтыстæм Беслæнмæ. Немæ ис 300 æфсæддоны, 2 гаубицы, пулеметтæ, бро- невиктæ «Варяг» æмæ «Вперед». Серго райста гæххæтт æмæ ныффыста бар- дзырд: «Æппæт æфсæддон хæйттæн, 15-æм августы. Рай- сомæй цыппар сахатыл æппæт фронттæй дæр ныб- бырсут горæты астæумæ, Ирыхъæуы æмæ Влади- мирскы слабодкæтæм, сылгоймæгты гимназ æмæ Су- воровы номыл скъоламæ. Уый уьтдзæн августы мæйы фæстаг уæлахизы большевикон ныббырст. Серго Ор- джоникидзе». Приказы къопитæ радта комиссартæм, стæй та баздæхт Сокольникмæ æмæ йын загъта: 1 л— Сымах æхсут Æрхонмæ «Варяг» æмæ «Впе- 100
ред»-æй. Уыцырдæм урсытæ куы фессæндой, уæд сæ мах та ардыгæй ныццæвдзыстæм. Комиссартæ æмæ командæгæнджытæ æвæстиатæй фæпырх сты. Дыккаг бон та хæст стынг ис горæты астæу. Урс хъазахъ бырстой штабмæ, фæлæ оæ сырхæфсæд- донтæ фезмæлын дæр нæ уагътой. Æхсæвæй-бонæй пулеметты æмæ топпыты гæрæхтæ не ’нцадысты. Гра- наттæй æхстой хæдзæртты рудзгуытæй, цартæй, дæ- рæн кодтой урсыты. Фæздæг мигъау бадти горæты сæрмæ. Сармадзанты нæрынæй рызти зæхх. Вагзалы æмæ Курскы слабодкæйы урсыты атакæ- тæ не ’нцадысты. Фæлæ æфсæнвæндæгты мастерской- ты кусджытæ сæхи тыхтæй сарæзтой броневик æмæ сæ ныхмæ фидарæй æрлæууыдысты. Урсгвардионтæ бирæ фылдæр уыдысты, фæлæ уæддæр сырхыты хъазуатдзинадæн æмбал нæ уыди. Сæ зæрдæ дард- той Орджоникидзейыл — уый хуымæтæджы нæ фæ- аууон ис: æнæмæнг та ног тыхтæ æмбырд кæны. ...Гегечкорийы æфсæдтæ хидыл æрбахызтысты. Сашæ Хадзымæтæн фехъусын кодта Сергойы ныхæс- тæ: «Тох хъæуы алы уынгыл, алы хæдзарыл дæр. Раздæр сæ чи æрцахса, уый фæуæлахиз уыдзæн. Аф- тæ у граждайнаг хæсты хъуыддаг». Дыууæ коман- диры азылдысты хæцæг адæмыл. Ныр сæ тыхтæ фæ- фылдæр сты,— Серго сын æххуысæн æрбарвыста ног адæм,— æмæ урсыты чысылгай тардтой горæты ас- тæуæй. Фæлæ ма ахæстоны раз цы хæдзæрттæ уы- дис, уым бамбæхстысты æмæ æхстой пулеметтæй, æппæрстой гранаттæ, фæстагмæ та уынгты баскъæрд- той сæ бронеавтомобиль æмæ йæ фæдыл атакæй ба- цыдысты. Атакæ фæсыкк — бронеавтомобиль цæхгæр фæзылди, бæласыл йæхи скъуырдта æмæ ныллæу- уыд... Ахæстоны рудзгуытæй йыл их уарæгау нык- 101
калдысты партизанты æмæ сырхæфсæддонты нæм- гуытæ. — Размæ! ЦæвУт бандитты!—райхъуысти Ха- дзымæты хъæр. Йæ фæстæ акалдысты партизантæ. Урсытæ аздæхтысты Владимирскы слабодкæйы ’рдæм* Æвиппайды Хадзымæт йæ мидбынат фæлæууыд, — йæ къух аенахуыр рыст скодта.Куы йæм æркаст, æр-^ мæст уæд бамбæрста, кæй фæцæф, уый. Санитар ын тагъд-тагъд йæ йъух абаста æмæ йæ штабмæ ар- выста. Дæс сахаты уыдаид, афтæ Хадзымæт бацыд штабмæ. Ам сæмбæлд Орджоникидзейыл. — Хæцынмæ цæуын, ауадз мæ,— куырдта Хадзы- мæт. — Куыд? Цæфæй? — Ницы мын у... — Ницы дын у? — хъуыдыгæнгæ загъта Серго, стæй бахудти æмæ йын йæ уæхск æрхоста:—Уæдæ цу, командæ кæн! Дæхи хъахъхъæн. Хадзымæт фæзылди æмæ дуары æдде фæци. ...Знаг фæстæрдæм лидзын райдыдта. Æхсæвы Курскы слабодкæ, уыйфæстæ та Шалдоны райои дæр ссæрибар сты. Стдæсæм августы горæт æгасæй дæр суæгъди ур- хыты къухтæй, æмæ хæст ныссабыр ис. Уæлдæф сыгъдоны тæф кодта. Иуæй-иу хæлд хæдзæрттæй мд зынджытæ æрттывтой. Уынгты алы рæтты уыди пырх баррикадæтæ. Адæм фыццаг^хатт рацыдысты нык- кæндтæй æмæ тарстхуызæй кастысты хæлд хæдзæрт- тæм, фæлдæхт телыхъæдтæм æмæ бæлæстæм, гил- дзыты афтид асыччытæм æмæ змисы голджытæм. Санитартæ зылдысты хæцæн бынæттыл æмæ æмбырд. кодтой мæрдты, уæззау цæфты. Штабы цур уæззау цæфæй æрæвæрдтой Степаны. Бечмырзæ йæ систа йæ хъæбысмæ. Адон фæстаг сæм- 102
бæлдæй фæстæмæ тынг бахæлар сты. Степан ризæ- гау бакодта, стæй йæ хъæрзынæй банцад... Йæ ирон хæлар йæ цæстысыгтæ æруагъта,— амарди хæлар- зæрдæ мæгуыр хъазахъаг Степан. — Дæ туг дын райсдзынæн. Ды æцæг больше- вик уыдтæ, — загъта Бечмырзæ, йæ цыстысыгтæ сæрфгæ. ...Сырх тырысатæ фæйлауынц уынгты, æмæ та ка- детты корпусы -агъуысты адæмон съезд йæ куыст кодта дарддæр. Делегаттæй бирæтæ нал фæзынды- сты: сæ иутæ урсытæм балыгъдысты, иннæтæ зна- джы ныхмæ тохы хъæбатырæй фæмардысты, аннæтæ та рынчындоны цæфтæй хуыссыдысты. — Горæт асыгъдæг кодтам урсгвардионтæй, — дзырдта Серго, — хъæбатырдзинад равдыстой кара хæсты мæгуыр хæххон фæллойгæнæг адæмы фырттæ, нæ кусджытæ, хъазахъы мæгуыртæ. Гегечкорийы,. Деболайы, Хадзымæты, Бечмырзæйы, Степаны ’хуы- зæн хъæбатырты нæмттæ рох нæ уыдзысты адæмæй... Фæлæ знаг нырма тыхджын у. Съезды делегатты хъæудзæн тох самайын, хъæуты советон царды ных- мæ , чи цæуы, уыдонимæ. Æгас ма сты Бичерахы- фырт, Соколов, Цæлыччы-фырт,- Швидков, Бигъайы- фырт, Гъуцъунайы-фырт æмæ æндæртæ. Мæгуыртæн, кусджытæн, зæхкусджытæн бамбарын кæнут, се знаг чи у, сæ бартыл сын йæ туг чи калы, зæхх сын чи дæтты, уый.^ Мæгуыр хæххон адæм уынгæг кæмттæй хъуамæ рацæуой быдырмæ, сæрибар, амондджын цардмæ..., Съезды адæм хъуыстой Сергойы ахсджиаг, цард- ныфсы ныхæстæм... Иу изæр Орджоникидзе æмæ Бутырин бадтысты 104
депутатты Советы. Советмæ æрæмбырд сты парти- зантæ, керменисттæ сæ цæуыны размæ. — Саразын хъæуы хицæн отрядтæ керменисттæй, революцион фæсивæдæй Чырыстонхъæуы, Æрыдоны- æмæ иннæ хъæуты,— фæдзæхста Орджоникидзе, — Чырыстонхъæуы Бичерахы-фырты хъузæтты — Киби- ры-фырт æмæ Серебряковы ныхмæ, Æрыдоны та — Бигъайы-фырты æмæ Цæлыккаты булкъоны ныхмæ... Уыдон бандæтæ сарæзтой æмæ сæ ныппырх кæнын хъæуы. Тохы бонтæ нæма фесты... Уый рох ма кæ- нут... Мæымæ гæсгæ, Цæголты Георги хъуамæ уа Чы- рыстонхъæуы отряды штабы хицау, комиссар Гибиз- ты Дебола — йæ хæдивæг, Ботъоты Амырхан æмæ Тауаситы Сослæнбег та сотцæты командиртæ. Разы стут ууыл? — бафарста Серго. — Тынг хорз уыдзæн,— загътой партизантæ. — Рæмонаты Хадзымæт—Æрыдоны штабы хицау, комиссар Байаты Чермен — йæ хæдивæг, Бечмырзæ, Сабаз æмæ Псыма, — сотнæты командиртæ. — Уыцы уынаффæйыл дæр разы стæм! — загътой партизантæ. Тынг раст сæм фæкасти Сергойы уынаффæ. Кер- менисттæ ноджы тынгдæр бангом сты большевикон партиимæ. Ард бахордтой, сæ цард кæй нæ баца- уæрддзысты Советты сæраппонд, карз тох кæй кæн- дзысты урс афицерты, националистты æмæ æппæт контрреволюционерты ныхмæ дæр. СОНТ РÆДЫД 1 Уыд фæззыгон мигъ бон. Уымæл уæлдæф уæнгты хъардта. Раст боныхъæды хуызæн уыдис адæмы зæр- 105
дæйы уаг дæр,— урсгвардионты тыхмитæн кæрон нæ уыди. «Цы уыдзæн дарддæр?» — хъуыды кодта ал- чидæр. Штабы цур дзыгуыртæй лæууыдысты хъæуккæг- тæ. Хадзымæты йæ цъæх цинелы, йæ астæуыл æмæ риуыл дзуарæвæрд хъатаратæй æмæхгæдæй куы ауыдтой, уæд æм сæхи байстой. Уый цæуылдæр хъуы- ды кæнгæйæ бацыди штабмæ. Йæ фæдыл уырдæм ноджы бахызти къорд керменисты æд гæрзтæ. — Урс бандæтæ сызмæстой Хъæдгæроны, Пысыл- монхъæуы æмæ Бирæгъзæнджы, — Хадзымæтæн дзырдта йæ разведкæйы хисдæр Бечмырзæ.— Мæ- гуыр гуырдзиæгты æмæ ирон фыййæутты фос.фæис- той æмæ дзы сæхицæн хæцæнгæрзтæ фелхæдтой., . Хадзымæтæн зындгонд уыди хъуыддаг, æмæ фос фæстæмæ цы амæлттæй раздæхтæуа, стигъджыты куыд ныппырх чындæуа, ууыл сагъæс кодта. Хорз уаид Совдепæй искæйтимæ ауынаффæ. к.æ- нын, фæлæ уырдæм ацæуын тæссаг у ныртæккæ урс бандæтæй. ■ • — Мартыновы артиллерион отряд нæм рарвыс- той, фæлæ... Чермен дæр нæм æрцæуинаг уыдис.æмæ нæ зыны,— йæ хъуыдытæхъæрæй дзырдта Хадзымæт. — Чермен йæ æмбæлтты никуы- фæсайдзæн,— къæсæрыл æрбахизгæйæ, хъæлдзæгæй загъта Чермен. — Хъуырыцъарæй дæ агуырдтон, Чермен!—з.агъ- та Хадзымæт æмæ Чермены къух тыхджын цæлхъыв- та, иннæ къух та йын æфсымæрау йæ уæхскыл атыхта. Чермен хорз æмбæрста, Хадзымæт цæуыл тыхсы, уый, æмæ йæ бæстон нал бафарста. Æрмæст цыбы- рæй загъта: — Тæрсгæ ма кæнут, большевиктæн басæттæн нæй! Орджоникидзе дæр нын ам куы ис. 106
— Архайын хъæуы, Чермен!—загъта Хадзы- мæт.— Орджоникидзе ам ис, зæгъыс? — Ацыди та фронтмæ... Тагъд æй ардæм хъæуы... Дыгуры нын бантыстис, Орджоникидзейы амындмæ гæсгæ, хъазуат фæсивæдæй керменистты тыхджын отрядтæ саразын. Уыдонæн сæ иутæ хъахъхъæнынц æрбацæуæнтæ Дзермецыччы æмæ Котляревскы ’рды- гæй Кибиры-фырты бандæйæ, иннæтæ та Кæсæджы- рдыгæй — Серебряковæй. Æрæджы арвыстой дыууæ сотнæйы Грознайы большевиктæн феххуыс кæнынмæ. Ис сын æнæфæцудгæ тыхджын разамонджытæ, зо- ныссæ: Гоститы Андрей, Цæголты Георги,? Золойты Микъала... Фæлæ ам нæ тыхтæ чысыл сты. Мæ фæнд у ахæм: ныртæккæ ацæуын хъæуы горæтмæ æмæ но- джыдæр сырхгвардионтæ æркæнæм. Разы дæ мемæ? Мартыновы отряд æгъгъæд нæу. Хадзымæтмæ раст фæкасти Чермены уынаффæ. — Разы дæн, æрмæст дын иунæгæй ауадзæн нæй... Мæнæ Бечмырзæитæ дæр демæ ацæуæнт. — Мах цæттæ стæм!—загъта Бечмырзæ. Бирæ нал афæстиат сты. Штабы цур линейкæйы сбадтысты Чермен æмæ Псыма. Бечмырзæ æмæ йæ иннæ æмбæлттæ та сæ фæдыл саргъы бæхтыл араст сты. Куыддæр хъæуæй ахызтысты, афтæ Æрыдоны доны былтыл Сындзы ауыдтой бирæ бæхджын адæ- мы. Черменитæ сæм баздæхтысты. — Чермен! — фæхъæр кодта æфсæддонты æхсæ- нæй иу бæзæрхыг лæг; йæ уæхсчытæй ронбастмæ йыл — хъатаратæ. — Æмбал Огурцов! Ам стут? Протопопов дæр? Мах та ма сымахмæ цыдыстæм! — бацин кодта Чер- мен æмæ сын зæрдæбынæй райста сæ къухтæ. — Мах райстам æмбал Орджоникидзейы бар- дзырд Цæлыччы-фырты бандæ ныддæрæн кæныны 107
тыххæй. Мæгуыр адæмæн сæ фос хъуамæ фæстæмæ радтæм... — Уæдæ цомут штабмæ, Хадзымæт уæм æнхъæл- мæ кæсы,— загъта Чермен. — Цæут уæхуыдтæг æмæ йын зæгъут, мах ам кæй стæм, уый. Барвитут уал уыцы бандæмæ минæвæрт- тæ,—загъта Огурцов. Черменитæ ацыдысты штабмæ. Хадзымæты бай~ йæфтой цавæрдæр пакеттæ æмæ гæххæттытимæ ар- хайгæйæ. Уый бацин кодта ног хабарыл, йæ зæрдæ бахъæлдзæг æмæ худгæйæ равдыста пакет. — Бакæс-ма, Чермен, ацы^гæххæтт. Ультиматум æрвитын Цæлыччы-фыртмæ. Цымæ раст фыст у? — загъта Хадзымæт. Чермен гæххæтт райста æмæ йæ бакаст: «Хъæдгæроны хъæуыхицау Дзуццаты Ахадземæ. Советты депутатты номæй керменистты штаб до- мы, цæмæй уæ хъæуы Цæлыччы-фырты бандæ гуыр- дзыйы фыййæуттæй цы фос байстой, уыдон сын рад- той фæстæмæ, кæнæ та сын сæ аргъ бафидæнт’. Уый куы нæ уа, уæд фидинаг уыдзысты хъæуæн. «Кермены» партийы отряды штабы хицау Рæмо- наты Хадзымæт». — Хорз у,— загъта Чермен,— фæлæ афтæ бакæ- нæм: пакетимæ Хъæдгæронмæ раздæр бацаёуæд Беч- мырзæ иу къорд æмбалимæ, адæмы æрæмбырд кæ- нæд сходмæ æмæ сын бакæсæд ультиматум. Æз та сæ фæстæ бацæудзынæн. Æфсæдтæ куы хъæуой, уæд уыдон цæттæ сты Сындзы... I Хадзымæт сразы ис Чермены хъуыдыимæ. Беч- мырзæитæ абадтысты сæ бæхтыл æмæ араст сты. Сæ фæдыл ацыди автомобиль дæр. Барджытæ æрлæууыдысты Хъæдгæроны къæнцы- лары цур. Хъæуыхицау Ахадзе сæ размæфауад. 108 N
— Æгас цæут, уазджытæ! — сдзырдта уый йæ сау рихитæ адаугæйæ, æмæ сын райста сæ къухтæ. «Адон та хуымæтæджы нæ фæзындысты», — сдзырд- та йæм йæ зæрдæ. Бечмырзæ бæхæй æрхызтис æмæ йæ цъæх цухъайы ронæй раласта пакет. Ахадзе йæ райхæлдта æмæ йæ куы бакаст, уæд къулермæ фæ- дзырдта: — Адæмы сходмæ рамбырд кæн. Аргъуаны дзæн- гæрæг дæр ныццæгъдут. Къулер азгъордта, æмæ чысыл фæстæдæр адæм æмбырд кæнын райдыдтой аргъуаны цурмæ. Фæзмæ рахастой стъол. Бæстæ дзолгъо-молгъо сси,— бæл- вырд у, адæмы æхсæн урсыты хъузæттæ кæй ис, уый. — Цæмæ нæм æрбацыдысты? — дзырдтой чидæр- тæ.—Ам большевиктæ нæй! Бечмырзæ æнцад хъуыста, цырддзастæй касти адæммæ æмæ куы фæсабыр сты, уæд Ахадземæ ба- дзырдта: — Бакæс ультиматум! Уый райхæлдта пакет æмæ йæ хъæрæй бакас- тис. — Æрцахсын сæ хъæуы! — сдзырдта та чидæр, адæмы æхоæн æрæмбæхсгæйæ. Бечмырзæйы цæст ыл фæхæцыд. Уый уыди Къациты Хъайсын. — Сабыр ут! Ам ахсинаг нæй! — дзырдта Аха- дзе. — Цытæ дзурут? Уæхи сафут?! Чи сæ бадом- дзæн? Августы хæстытæ уæ ферох сты?!—адæмы сабыр кодтой зæрæдтæ. Сход фæхъус. Иууылдæр акастысты, автомобилы уынæр кæцæй ссыди, уыцырдæм. Тигъæй рыгкалгæ фæзынди машинæ æмæ чысыл фæстæдæр дзыхълæуд фæкодта сходы æхсæн. Ахадзе æмæ хъæуы зæрæдтæ 109
Чермены къух райстой, стæй йын дзырды бар рад- той. — Æмбæлттæ! Мах’æрвыст стæм депутатты Со- ветæй. Мах хæларæй цы гуырдзыимæ æмæ æндæр адæмтимæ цæрæм, уыдоны цæсты нæ цæсгом фæчъи- зи кæнын нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм. Не ’хсæны ис, знагдзинад чи фæлгъауы, хæлар адæмты кæрæдзи- уыл чи ардауы, ахæмтæ. Уыдон æнцад цæрæг гуыр- дзиаг фыййæутты фос байстой... Уый тыхми у... Фос раттын хъæуы фæстæмæ! Схъæр кæнут уе ’взæргæн- джыты дæр. Кæд фос ауæй кодтат, уæд та сын сæ аргъ бафидут. — Ам бандиттæ нæй!.. Кæд искуы къæрныхтæ ис, уæд уый уæхуыдтæг стут, большевиктæ! — загъд са- мадта Къациты Хъайсын. Бечмырзæ йæ хорз зыдта.^ Уый кæддæр ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Арæх цыди Дзæхаты Бадæгимæ. Ныр Бадæг — урс афицер, штабс-капитан — лæууы йæ фарсмæ, сдзурын æв- вонг. Дыууæ дæр сты Цæлыччы-фырты бандæйы уæнгтæ. — Раст зæгъы Хъайсын! Ам бандиттæ нæй! — баппæрста.Бадæг дæр йæ дзырд. Адæм дыууæ дихы фесты: æвзæргæнджытæ Хъай- сыны фарс ахæцыдысты. Иннæтæ та Чермены фæн- дыл разы уыдысты, фæлæ æргом зæгъын нæ уæнды- дысты, ныддымдзысты нæ райсом урсытæ, зæгъгæ, хъуыдыгæнгæйæ. — Ма кæнут, раттут æвзæргæнджыты,— дзырдта Чермен.— Уæртæ хъæугæрон лæууынц не ’фсæдтæ. Уыдон -сбæрæг кæндзысты, бандит чи у, уый, кæд нын сабырæй нæ фæндон нæ исут, уæд. ^ — Уазджытæн æгъдау раттын хъæуы... Цы агу- рынц, ууыл сразы уæм...— загъта Ахадзе. — Ды дæр уыдонæй дæ! — æрбамæсты Бадæг 110
æмæ топпæй хæрдмæ фехста. -Йе ’мбæлттæ дæр фев- нæлдтой сæ гæрзтæм. Исты фыдбылыз куы æрцæуа, зæгъгæ, Бечмырзæ машинæмæ бахизын кодта Чермены, йæхæдæг йæ кæ- рæбин цæттæйæ дардта. Иннæ партизантæ дæр ныц- цæвын æввонгæй йæ фарсмæ лæууыдысты. Машинæ тигъæй куы фæаууон ис, уæд Бечмырзæ сгæпп кодта йæ бæхмæ. Керменисттæ рараст сты хъæуы зæрæдтимæ. Хъайсынитæ сæ фæстæ хъæр æмæ æхситт систой æмæ нæ банцадысты, цалынмæ хъæу- гæрон нæ фæаууон сты, уæдмæ. Æрыдоны доны бы- лыл бафиппайдтой Чермены. Йæ алыварс лæууыды- сты сырхгвардион отрядты командиртæ. — Цы дзуапп уын радтой? — афарста Чермены Огурцов. — Ницы... — Барвитæм ма сæм ноджыдæр. — Уыдонимæ топпы дзыхæй дзурын хъæуы! — загъта Огнев, фæтæнуæхск лæппулæг, йæ æхсаргар- ды сæрыл æрхæцгæйæ. — Барвитæм ма сæм,— Чермены ныхасыл сразы Протопопов æмæ Хъæдгæроны ’рдæм акастис бинок- лæй. Хъæуы кæрон, бæлæсты æхсæн, урс тыръ1са дым- гæмæ тыбар-тыбур кодта. — Рацыдысты фидауынмæ, — сдзырдта Протопо- пов, бинокль æруадзгæйæ.— Цæуын хъæуы сæ размæ. — Мæ бар сæ уадзут, Чермен! — загъта Бечмыр- зæ æмæ йæ тæвд сырх бæхыл абадт. Бæх стæлфыди йæ мидбынаты, йæ рохтæ размæ тыдта. Цалдæр минуты сагъдауæй лæууыдысты Черме- нитæ, Бечмырзæ йе ’мбæлттимæ Хъæдгæронмæ куы фæраст, уæд. Уыди фæззыгон уазал мигъ бон. Бæстыл дзæ- гъæл змæлæг никуы зынди. /Ермæст дард кæцæйдæр 111
цыди кæйдæр уæрдоны цæлхыты къуыр-къуыр. Æваст уæлдæфы цæхæртæ ферттывтой, æтæ Сындзы ’рдыгæй сармадзаны нæрын ссыди. Иæ нæмгуытæ сыф-сыф- гæнгæ хауын райдыдтой Хъæдгæроныл. Фæздæг ми- гъимæ схæццæ æмæ зылди хъæуы сæрмæ. Сыгъды- сты хæдз’æрттæ. Черменæн йæ хуыз фæцыдис, йæ былтæ фырмæстæй æхсыдта æмæ бафарста Огневы: — Цы у, уый? Цы ’рцыди? Пæмæн æхсынц? — Нæ зонын, цы бæллæх ^рцыд,— дзырдта Ог- нев. Протопопов та райста бинокль æмæ кастис куы Сындзы ’рдæм, куы та Хъæдгæронмæ. — Хъæу судзы... — Уым уср бандиттæ ис, фæлæ сабыр цæрæг адæм та цы кодтой? Уартæ тырысаимæ куы рацыды- сты нæ размæ!—фарста бæзджын хъæлæсæй Чер- мен.— Уый гадзрахатдзинад у! — Æнæмæнг... Уый хуымæтæджы нæу... Чермен, тагъд автомобилы ацу штабмæ æмæ Хадзымæтæн фехъусын кæн хабар. Хъæуы сæрты бацу, сармадзан- тыр ’рдæм цæу,æъ нæй,— загъта Огурцов. ’ Автомобиль уайтагъд бахæццæ штабмæ. Хадзы- мæт уыди тарстхуыз. Æмбырд кодта керменистты. Бандиттимæ хъуыддаг æнцон алыггæнæн кæй нæ уыд, уый æмбæрста æмæ отрядтæ рæвдз кодта. ’ — Хъæдгæрон се ’взæргæнджыты нæ радтой, Цæ- лыччы-фырт та йæхи хъæдмæ" айста. Къацийы-ф^рт æмæ Дзæхайы-фырт æргом дзырдтой нæ ныхмæ, бан- диттæ нæ схуыдтой, адæмы ардауынц мах ныхмæ...— дзырдта Чермен.— Уый дæр ма фæуæд, фæлæ адæм фидауынмæ куы рацыдысты, уæд сæ Мартыновы сар- мадзантæ æхсын райдыдтой. Ницы æмбарæм—цы хабар у... 1 Хадзымæт Черменмæ байхъусгæйæ, исдугмæ сагъ- дауæй аззади, стæй цыбырæй загъта: 112
— Сбад машинæйы, æз мæхæдæг дæр цæуын мæ- нæ керменисттимæ... Мартыновæн чи аласын кодта гаубицтæ Сындзмæ æмæ цæмæн æхста хъæу, уымæй йæ бафæрсон... Сармадзантæ нал æхстой. Æрмæст ма топпытæй чидæртæ æхста. Хадзымæт бахæццæ отрядмæ. Фæн- дагыл, сындзыты рæбынæй, зындысты Мартыновы гаубицтæ. Æддæдæр хъæуы кæрæтты дæргъæй-дæргъ- мæ дзыхъыты бадтысты сырхгвардионтæ æмæ æхс- той Хъæдгæронмæ. Куыройы фæстейæ рацыди Мар- тынов йæхæдæг. — Стыр хъазуатдзинад æвдисыс, м’æ лымæн! — мæстыйæ загъта Хадзымæт, йæ бæхы згъæллаггом æрбалвасгæйæ.— Цæуыл сафыс æнцад цæрджыты?.. — Бахатыр кæн,— загъта Мартынов, йæхи раст^ кæныныл фæлваргæйæ.— Фæхабар нæм чындæуыд, хъæу бандиттæй байдзаг æмæ махонтæм дæр лæ- бурдтой, зæгъгæ,— загъта Мартынов. — Чи уæм фæкодта ахæм гæды хабар? — тынг- дæр смæсты ис Хадзымæт.— Штабы цæуылнæ ба- фарстат? Тагъд фесæф, мæ цæст дæ куыд нæ уал уына, афтæ! Ды большевик пæ дæ, фæлæ знаг дæ! Мартынов афæлурс. Хуыснæгау аракæс-бакæс кодта, цыма йæхицæн æмбæхсæн агуырдта, уыйау. Хадзымæт æ’м æлгъгæнæгау тар æрфыгæй бакаст æмæ фæцагайдта йæ бæх. Йæ отряд йæ фæдыл фæ- раст Æрыдоны доны былмæ. Чермен сырхгвардион- тимæ æнхъæлмæ кастис Бечмырзæйы æрбаздæхынмæ. — Хъæдгæроны бирæгътæ цы фесты? — афарста сæ Хадзымæт. — Уæртæ Бечмырзæ фæзынд, уый хъуыддæгтæ бæлвырддæр зондзæн,— дзуапп радта Чермен. — Хъæу судзы. Адæм фæпырх сты. Нæ фæндоныл разы уыдысты, фæлæ ацы сармадзантæ хъуыддаг 8 Хадзымæт 113
фехæлдтой, фæтарстысты адæм, лидзыйц алырдæм,— фехъусын кодта Бечмырзæ, хæстæ æрбацæу- пæйæ. — Фæсыкк кодтой ахсджиаг хъуыддаг галиугæн- джытæ, — дзырдта Черменмæ Хадзымæт. — Тæрхон- донмæ раттын хъæуы Мартыновы... Раздахут æфсæд- тæ фæстæмæ,— приказ радта уый.—Отряд! мæ фæс- тæ, штабмæ! Штабы уаты дзæвгар уыдис адæм, фæлæ бындз куы атахтаид, уæд уый дыв-дыв дæр фехъуыстаид адæймаг. Абоны æбуалгъ фыдракæнд сын сæ зæр- дæты стыр маст бауагъта æмæ цы бачындæуа, ууыл хъуыды кæны алчи дæр. Хадзымæт æмæ Чермен бадтысты стъолы уæл- хъус. Хадзымæт цыдæртæ фыста, иннæтæ æнхъæл- мæ кастысты, фыст кæд фæуыдзæн, уымæ. Мартынов хибарæй лæууыдис рудзынджы цур, æнæрынцойæ та- мако дымдта стыр лулæйæ. Раздæрау сæрыстырæй нал касти ныр. Йæ цæстыты зынди тас æмæ хатыр курæджы æнгас. Хинымæр фæсмон кæны йæ сонт рæдыдыл. — Ды, Чермен, ацу райсом Дзæуджыхъæумæ. Орджоникидзейæн фехъусын кæн хабар, стæй кæд гæнæи ис, уæд ма нæм адæмæй дæр, хæцæнгарзæй дæр фæкæсæд, — йæ фыссын фæуагъта, афтæмæй загъта Хадзымæт æмæ аздæхтис, уаты чи уыдис, ’уы- цы коммунисттæм. — Нæ æмбырды фæткы ис дыууæ фарстайы: Мар- тыновы æбуалгъ ми — иу, дыккаг — Салыгæрдæнмæ урсытæм ныббырсыны тыххæй. — Чи зæгъдзæн фыццаг фарстайы фæдыл? — Бирæ йыл цы дзурут? Революцион æгъдау фе- хæлдта Мартынов æмæ йæ æрцахсын хъæуы! — загъ- та Протопопов. 114
— Хæстон тæрхондонмæ йæ раттæм, — бахаста йæ фæндон Огнев дæр. — Мæнмæ гæсгæ, Орджоникидземæ раттын хъæ- уы хъуыддаг, Совпарком ын стæрхон кæнæд,— дзырд- та Чермен. . Куы ничиуал ницы дзырдта, уæд Хадзымæт сыс- тад æмæ цыбырæй загъта: — Уыцы фæндонтæ хорз сты. Фæлæ мах, комму- нисттæ, хъуамæ нæхи фæндон зæгъæм партионы тых- хæй. Маэнмæ гæсгæ, хъуамæ Мартыновы гуымиры хъуыддагыл æвдисæн бакæнæм æмæ йæ партийæ ацух кæнæм. Бакæнут уал æй ахæстоны. Фехсын дæр ын æмбæлы ахæм сахат, фæлæ куыд зыны, афтæмæй, гадзрахаты фæндагыл нæ бакодта ахæм ми. Уæвгæ та ныббарæн никæмæн ис революцион хъуыддаджы æваст,^хивæнд митæ. Бирæ фæныхас кодтой, стæй сразы сты Хадзымæ- тимæ, æвдисæн бакодтой ахæм ахсджиаг сахат рево- люцион хъуыддагæн зианхæссæг ми бакæнæгыл æмæ бартхъирæн кодтой, революцион штабы æвастæй ма исчи ахæм рæдыд куы æруадза, уæд æм каст кæй цæудзæн, гадзрахатæйцæуæг цыма у, афтæ. Дыккаг фарстайы фæдыл штаб æмæ партионты къорд рахастой ахæм уынаффæ: урс бандæтæй асыгъ- дæг кæнын хъæуы Салыгæрдæн æмæ Бирæгъзæнг. ИУ ЛÆГ ХÆСТЫ ÆФСАД У 1 Райсомæй раджы Сергойы автомобиль фæцæйцы- ди соса фæндагыл Æрхонкæйы ’рдæм. Иæ фарсмæ бад- ти Чермеи. Орджоникидзе æлхынцъæрфыгæй фæл- 115
гæсыди тыгъд быдыртыл. Æвæццæгæн дзы Цæлыч- чы-фырты хъæддаг митæ маст бауагътой, зæгъгæ, æнхъæлгæйæ, Чермены нæ фæндыд Сергойы хъыгда- рын. Чысылгай уары мит. Хъæдрæбынты хуымгæндтæ урс-урсид дарынц. Æрыдонмæ æввахс Серго фæком- коммæ цавæрдæр балагантæм: сылгоймæгтæ æмæ сы- вæллæттæ алы рæтты æртыты фарсмæ бадынц. — Чи сты уыдон та? — афарста Орджоникидзе. — Уыдон хъæутæй чи фæлыгъди сармадзанты гæ- рæхтæй, йæ хæдзар кæмæн басыгъд, ахæмтæ уыдзы- сты,— дзуапп радта Чермен. ч — Æнаккæгтæ! — йæ сæр ныттылдта Серго.— Фæ- лæ а Мартынов та кæцытæй у?.. Чермен ын бæлвырд цы загътаид, уый нæ, зыдта, æмæ та æнæдзургæйæ сæ цыды кой кодтой. Автомобиль хъæумæ бахæццæ. Иу уынджы цæх- гæр фæзылди æмæ Хадзымæты штабы агъуысты цур дзыхълæуд фæкодта. — Хадзымæт кæм ис? — афарста Серго писыры, штабы дуарæй куы бахызти, уæд. — Ныртæккæ æрцæудзæн, Собронтæм ацыд цал- дæр партизанимæ,— загъта писыр æмæ уазæджы раз бандон авæрдта. — Чи у Соброн та? — Рæстæгмæцæрæг. Хъæуы кулактæ сын сæ дзау- мæттæ уынгмæ ракалдтой, тæргæ сæ кæнынц «вре- меннæйтæ», дам, стут... — Уый та цавæр «временнæйтæ» сты? Кулактæн сæ рæстæг кæй фæци, уый нæма бамбæрстой? — кар- зæй загъта Серго æддæмæ цæуын æввонгæй. Йе ’цæг цæсгом басусæг кæнгæйæ, писырæй шта- бы куыста кæстæр афицер Умар, урсытæ тагъд-тагъд кæй ацæттæ кодтой, ахæм. Хадзымæт ыл тынг не 116
’ууæндыдис, фæлæ йын хуыздæр амал нæмауыд æмæ йæ уагъта куысты, йæ цæст æм лæмбынæг даргæйæ. Урсытæй уыди, уый та зонгæ дæр нæ кодта. Умар ныр штабы дуарæй кастис фæзмæ. Уым бæ- лæсты æхсæнты Хадзымæт йе ’мбæлттимæ фæзынд. — Æрцæуынц уæлæ,— загъта Умар. Хадзымæт Сергойы куы ауыдта, уæд фæфидардæр йæ зæрдæ. Цингæнгæйæ йын райста йæ къух. Серго йæм æдзынæг бакасти æмæ фæдис кодта, ацы уазал бон Хадзымæтæн йæ хид куыд калди, ууыл. «Бирæ ис куыст, æвæдза, тынг бирæ»,— йæхинымæр ахъуы- ды кодта Серго æмæ а’фарста: — Чи хъыгдары зæронд лæджы? — Бигъайы-фырты æмбæлттæ — Мурат, Илас... Мах сæ атардтам, куы ма йæ хъыгдарат, уæд ахст æрцæудзыстут, зæгъгæ, сæм бартхъирæн кодтам... — Ахæм бандиттæ змæнтынц алы ран дæр æмæ сæм фидар лæуут,— загъта Серго,— фæлæ цы хъæу- ты тыххæй хъусын кодтай, уыдон цы уавæры сты? — Хорз нæу уавæр, æмбал Орджоникидзе! — Кæм ис Мартынов та? — Ам ис... — Фæсидут ма йæм! Бечмырзæ йæ бæхыл абадти æмæ цалдæр минут- мæ къазарматæй æрбахæццæ кодта Мартыновы. Уый Сергойы куы ауыдта, уæд ризгæ къухæй æфсæддои салам радта, цыдæр зæгъынмæ хъавыди йæхи сраст кæнынæн, фæлæ йæ Серго дзурып нæ бауагъта. — Чи дын радта хъæутæ судзыпы бар? Чи дын радта æнцад цæрджыты сармадзанæй æхсыны бар? Тагъд фесæф! Ды разындтæ знаджы куыроймæ дон уадзæг, барæй уа — æнæбары, уæддæр, — мæстыйæ загъта Серго.— Акæпут уал æй ахæстонмæ фæстæмæ. Мартынов ронбæгъдæй, сæргуыбырæй рацыд. 117
Дыууæ сырхæфсæддоны йæ акодтой ахæстонмæ. Ор- джоникидзе штабы рацу-бацу кодта, йæ маст фыхти йæ риуы. — Цом! — загъта Серго Хадзымæтæн, æвиппайды уаты астæу фæлæугæйæ. — Кæдæм? — Хъæдгæронмæ. — Тынг тас у... Æдзæсгом сты Цæлыччы-фырты хъузæттæ... — Тас у... Змæст у... Мах уырдыгæй æрцыдыстæм ныртæккæ. Немæ уыдис Огневы отрядæй дыууæ хъа- захъаджы æмæ сæ иу абырæг Гацыры къухæй фæ- мард,— сдзырдта Бечмырзæ. — Худинаг у махæн, нæ адæмæн, исты дыл куы æрцæуа, Серго, уæд,— дзырдта Хадзымæт, йæ хъата- ра дзæбæхтæгæнгæйæ. — Мæнæн ма тæрсут... — Уæд та мæнæ нæ сырх партизантæй акæн де- мæ, иунæгæй дын ауадзæн нæй,— ныллæууыд Ха- дзымæт. — Хадзымæт, большевиктæ мæлæтæй нæ тæр- сынц... Иу лæг дæр хæсты æфсад у. Фæлæ уæддæр дæ партизантæн сæ хъайтардæртæй иу къорд мемæ рацæуæд... — Æртын барæджы партизантæй, сæдæ — сырх- æфсæддонтæй, — загъта Хадзымæт. — Мæхæдæг дæр семæ. Серго йе стыр цæстытæ Хадзымæтыл ахаста. — Ды „ам æхсызгон хъæуыс... Дыгур æмæ Кæсæ- джы ’рдæм дæ хъус фæдар. — Уым хорз цæуынц хъуыддæгтæ, æмбал Ор- джойикидзе... Писмо сæ райстон чысыл раздæр. Сæ отрядтæ ныддæрæн кодтой Серебряковы æмæ Киби- ры-фырты бандæты æмæ Пятигорскы ’рдæм ахызтысты 118
Сырх Æфсадæн æххуыс кæнынмæ, Бичерахы-фырты ныхмæ... — Уый хорз у... Уый хорз у, æмбал Рæмоны- фырт, — фæрайдзастдæр ис Сергойы цæсгом. Æхсыз- гон ын уыдысты уыцы ног хабæрттæ æмæ йæ балцы фæндагыл араст æнæзæрдæхсайгæйæ. Пысылмонхъæумæ цæуын хъуыди Хъæдгæроныл, уымæн æмæ къæрныхтæ фыццаг уым сызмæстой адæ- мы, уым байстой мæгуырты фос. Ирои националон Совет сын сæ хъастмæ йæ хъус не ’рдардта. Уæд æв- зæргæнджытæ фæныфсджындæр сты, æмæ та гуыр- дзы æмæ Уæлладжыры комы фыййæуттæ сæ фос Хъызлармæ куы тардтой, уæд сæ Пысылмонхъæуы цур астыгътой, — байстой дыууадæс мины бæрц фыс- фос. Хъæдгæрон сразы ис фосы аргъ бафидыныл. Пысылмонхъæу та фидгæ нæ, фæлæ ма стгæ дæр скодта революцион хицауады ныхмæ. Серго бахæццæ Хъæдгæронмæ. Бæгънæг бæлæсты æхсæнæй зындысты сырх æмбæрзæндурæй æмбæрзт хæдзæрттæ. Уынгты змæлæг нæ уыд. Фæлæ фæз пар- тизантæй æмæ сырхæфсæддонтæй куы байдзаг ис, уæд хъæуы цæрджытæ, тынгдæр та фæсивæд, æмбырд кæнын райдыдтой. — Хицау æрцыд! — хъус-хъус дзырдтой адæм. Ахадзейы сход аразын нал бахъуыд. Хъæуы нæл- гоймæгтæ иууылдæр сæхæдæг æрцыдысты. Фæстиат- гæнæн нал уыд, æмæ Орджоникидзе йе ’ргом адæмы ’рдæм аздæхта. Хæларзæрдæ, æмбаргæ лæджы бакаст у йæ ба- каст, æнæхъуаджы нæ бафхæрдзæн адæймаджы,— ахæм хъуыды-иу фæзынди, Сергойы хуымæтæг дарæс æмæ ныфсхаст цæстæнгасмæ-иу чи фæкомкоммæ, уымæ. — Советон хицауады знæгтæ тыхмитæ кæнынц, < 119
ардауынц фæллойгæнæг адæмы кæрæдзиуыл. Сымах дæр сардыдтой; уæхи хуызæн хуымгæнджыты, фый- йæутты, мæгуырты фос байсут, зæгъгæ,—дзырдта Орджоникидзе. — Махæн сæ кънйæзты фос хуыдтой,— æфсæрм- хуызæй загъта чидæр. — Чи загъта? — Уый Хъайсынитæ дзырдтаиккой... — нал фæ- лæууыд Бечмырзæ. Фæстагмæ иу зæронд лæг бацыд автомобилмæ цавæрдæр голлагимæ. — Мæнæ!.. Æрæмбырд кодтам фосы аргъ,— загъ- та зæронд лæг Сергойæн æмæ фездæхти фæстæмæ. — Фæлæуу, дæ хорзæхæй,— загъта Серго.— Ацы æхцайы æрæмбырд уый амоны, æмæ Хъæдгæроны цаёрджытæ сæ рæдыд бамбæрстой, фæсмон кæнынц... Фæлæ дзырд раттут, абонæй фæстæмæ контрреволю- цион хъуыддæгты кæй нал бацæудзыстут, ууыл. Адæм Сергойæн дзырд радтой. Зæрæдтæ дзырд- той, фысым дын стæм, не стыр уазæг дæ, зæгъгæ, фæлæ Орджоникидзе тагъд кодта æмæ йæ худ систа, афтæмæй зæрдæбынæй загъта: — Бузныг, мæ хæлæрттæ, æндæр хатт сæмбæл- дзыстæм... Изæрдалынгты Сергоитæ фæцæйцыдысты Пысыл- монхъæума^. Хъæу уыди æдзæрæджы хуызæн. Цæр- джытæ, дам, хъæдмæ фæлыгъдысты. — Кæдæм бацыдæуа? — афарста Орджоникидзе Бечмырзæйы. Бечмырзæ акæстытæ кодта уынгты, аныхæстæ кодта йе ’мбæлттимæ. " — Хъайттаты Гæгкамæ бацæуæм... Гæгка уыд зæронд лæг, æнцад цæрæг. Кæддæр хæстон службæйы афицер сси, фæлæ йæ сæрмæ нæ хаста Цæлыччы-фырты хуызæттимæ хи сбæттын. 120
Цардис хи фæллойæ, æнæмастæй. Æмæ йын канд сæхи хъæуы нæ, фæлæ сыхаг хъæуты дæр аргъ код- той йæ хæд-зонд æмæ хорз æгъдауы тыххæй. Хорз æй зыдта Бечмырзæ дæр. Æмæ ныр Гæгкайы хæдза- ры дуармæ æдæрсгæйæ æрлæууыдысты. — Уазджытæ, мидæмæ саккаг кæнут,— сæ размæ рацæугæйæ, загъта зæронд лæг.—/Кæд бынтон рæвдз нал стæм, уæддæр мидæмæ! Ам цардысты нæ бинон- тæ,— амыдта хæдзары хицау сыгъд æмæ пырхытæ къултæм, уазджытæ кæртмæ куы бахызтысты, уæд.— Ныр æнæ хæдзар фестæм. Уæд цæмæн? Æз давгæ,* мыййаг, куы нæ кæнын, æнцад куы цæрын. — Ацы чысыл хъæу дыууадæс мин фысы куыд бахордтаиккой? Цæрджытæ сеппæт аххосджын не ’сты. Уæд цæмæн алыгъдысты хъæдмæ? — дзырдта Серго, сыгъд хæдзæрттæм кæсгæйæ. Гæгкайы хæдзары фахсæй ма иучысыл аззади, æмæ уый фæстæйæ чысыл дуарыл рацыд йæ ус, стæй та сæ кæсдæр фырт. — Булкæ! — бадзырдта Гæгка лæппумæ. Фырт æм цырд бауад. Зæронд лæг ын йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Булкæ фондзæхстон райста æмæ рацыд кæртмæ. Уынджы тигъыл лæууыдысты цыппар пар- тизаны, æмæ Гæгкайы фырт дæр семæ баиу. Æхсæвы Гæгкайы хæдзармæ цæуын байдыдтой цавæрдæр адæм. «Чи сты уазджытæ? Кæцæй сты? Цы сæ хъæуы?», зæгъгæ, куы фарстой, уæд сын Бул- кæ сæрыстырæй дзырдта: — Орджоникидзе нæм уазæгуаты æрцыд Бечмыр- зæимæ, ноджы ма керменисттæ Хадзымæты штабæй. — Бечмырзæ дæр семæ ис? — Уыцы хуыцауы æлгъыст! — Чи сты уыдон? Ма сæ уадз хæстæг, ма сæм дзур!—загъта партизан Псыма Булкæйæп. Лæппу 121
йын бамбарын кодта, уыдон Цæлыччы-фырты бан- дæйæ сты, зæгъгæ. — Орджоникидзе нæ ацæудзæн ардыгæй, цалын- мæ Цæлыччы-фыртæн йæхи фена ныхасмæ, уæдмæ, адон та ныртæккæ ам ницы хъуыддаг ис,— загъта та партизан хъæрæй. Фехъуыстой йæ урс бандæйæ æр- выст лæгтæ æмæ фæстæмæ хъæдмæ сæхи айстой ха- бар фехъусын кæнцнмæ. Бон цъæхтæ кодта. Миты пух тъыфылтæ хауды- сты зæхмæ æрдæгхæлд хæдзæрттыл. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ-иу дымгæ сыстад. Хъалагъуртæ кæд æхсæв- бонмæ сæ кæрæдзийы ивтой, уæддæр тигъыл лæу- гæйæ суазал сты, фæлæ къæрцхъусæй алырдæм хъахъхъæдтой. Иу афон та уынджы фæзынд цавæрдæр сау æн- дæрг,- йæ фæдыл иннæ... Гæгкайы хæдзармæ сæ ных сарæзтой гæрзифтойг адæм. — Хæстæг ма цæут! — фæхъæр сæм кодта Псыма. - — Хиуæттæ стæм,—сдзырдта бæхджынты раз- дзог. — Уый Угъалыхъ у! — мынæгхъæлæсæй загъта Гæгкайы лæппу æмæ базгъордта хæдзармæ. Фехъуыст фæдисы гæрах. Хæдзарæй Булкæимæ рауади Бечмырзæ. Серго йæ цинел акодта, йæ къæ- бæлдзыг сæрыхъуынтыл æркодта сау худ æмæ къæ- сæрыл фæзынд. — Æрбауадзут булкъоны! — сдзырдта хъæрæй Орджоникидзе æмæ комкоммæ бацыд Цæлыччы- фыртмæ.— Цæмæн змæнтыс адæмы? Цæуыл сæ ма- рыс тухæнæй? Æнæ хæдзар сæ цæмæн кæныс? — Угъалыхъы фæтæн цæсгоммæ уæндонæй кæсгæйæ, бафарста Серго.—Дзуапп дæттын дæ кæй бахъæу- дзæн, уый дæ рох ма уæд. Адæмы маст æмæ фыдæ- хæй дæхи никуы бамбæхсдзынæ. 122
Сыхбæстæ æрбамбырд сты. Булкъон ныхъхъуын- тъыз кодта йæхи æмæ æлхынцъ æрфыгæй акасти фæс- тæрдæм. Бæлæсты бынты, хуыскъ донвæдты æрын- цадис йæ отряд. Бандиттæ гæрзифтонг уыдысты æмæ сыл йæ зæрдæ дардта, фæлæ сæбакастыл бæ- рæг уыд, Орджоникидзейы æхсарджын ныхасыл кæй дис кодтой æмæ сын уый сæ тых кæй саста. Бечмыр- зæ æмæ Булкæ æрлæууыдысты Сергойы фæйнæ фарс, Гæгка та тарст хуызæй йæ цæст дардта Цæлыччы- фырты æмбæлттæм. — Уазæгуаты кæй дæ, уымæй хъал ма у,— йæ дæндæгтæй* æхситгæнæгау скодта, афтæмæй загъта Угъалыхъ. ’ — Æз демæ ныхас кæнын Советон хицауады но- мæй,— загъта хъæддыхæй Серго. Булкъон сабыргай базмæлын кодта йæ къух, æрæвæрдта йæ ливоры хæ- цæныл, — Дæ къух æруадз, булкъон, æмæ ратт цæхгæр дзуапп мæ фарстæн! Хуыскъ ,æрхæй рацыд Угъалыхъы иузæрдион- дæр хæлæрттæй иу, Бадæг, цыбыргомау сырхцъар афицер, фондзæхстон йе уæхскæй æриста æмæ йæ Сергомæ ныццæвын æввонг фæдардта. — Дæхи иуварс айс,— Бадæгмæ хæстæг бацыд Бечмырзæ æмæ йын йæ риуыл авæрдта йæ кæрæбин. — Рох уæ ма уæд, Серго нæ уазæг кæй у, уый! — раздæр рацæугæйæ, фæхъæр кодта Булкæ дæр æмæ йæ фондзæхстон Угъалыхъмæ ф&царæзта.— Уазæг- мæ йæ къух чи сиса, уый сæрæгасæй нæ ацæудзæн ардыгæй. Хъæуы цæрджытæй бирæгæ сæхи бакалдтой Угъа- лыхъыл æмæ йæ иуфарс акодтой. Бадæг дæр æр- уаръта йæ хъыримаг æмæ ацыди æрхы ’рдæм. Уазæг- мæ адæм куы æрхатыдтой, уæд уый дæр бацыди хæ- 124
дзармæ. Уырдæм зæрæдтæ бакодтой Угъалыхъы. Сергойы маст фæсабырдæр ис æмæ райдыдта дзурын Цæлыччы-фыртимæ. Сихорафонмæ сæ ныхас нæ сы- скъуыд. — Æрæвæрут уæ гæрзтæ! Отряды чи ис, уыдон ауадз сæ хæдзæрттæм,— дзырдта Орджоникидзе. Угъалыхъ фырмæстæй цы акодтаид, уый нæ зыдта. Æмæ куыд нæ. Йæхи цæстæй федта, адæм Сергоимæ æмуд кæй сты, уый. Иууылдæр се ’ргом аздæхтцй Советон хицауадмæ. Куы иу хъæуы, куы кннæ хъæуы састы бынаты баззайынц, Цæлыччы- фырт йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыдон. Цæрджытæ хъæдæй сæ хæдзæрттæм æрцыдысты. Цы гæнæн ма уыдис, æмæ булкъон сразы ис Сергойы ультимату- мыл. Кæртмæ куы рахызтысты, уæд та йæ маст ра- фыхт — йæ отряд хастой сæ гæрзтæ æмæ сæ æвæрд- той Сергойы цур. Урс булкъон лæууыдис сæргуыбы- рæй, æргъæвст карчы цъиуау банцъылдтæ ис. Цæлыччы-фырты бандæ йæ гæрзтæ æрæвæрдта. Фæстиатгæнæн нал уыдис,— Дзæуджыхъæуæй фронт- мæ, Деникины ныхмæ æвæстиатæй æрвитын хъæуы ног отрядтæ. Æмæ Серго цæуыныл ныллæууыд. Хъæдгæроны Орджоникидзе йæ машинæ фæурæд- та, кабинæйæ ракаст партизантæм æмæ сын загъта: — Ацæут сымах! Хадзымæт æмæ Георгимæ фæ- кæсут! — Нæ, æмбал Орджоникидзе, мах дæ иунæгæй нæ ауадздзыстæм, схæццæ дæ кæнæм æххæст,— загъ- той Бечмырзæитæ. — Иунæг хæсты æфсад у. Ма мын тæрсут,— бахудти Серго. Фæлæ партизантæ куы ныллæууы- дысты, уæд сæ ныхмæ ницуал загъта. Æрмæст Дыгу- ры партизантæй иумæ,— Дрис, зæгъгæ, йæ ном,— радта фæндагыл цы гæххæтт ныффыста, уый. 125
— Ратт ,æй Рæмонаты Хадзымæтмæ,—загъта Сер- го, æмæ автомобиль фæраст ис дарддæр. Йæ фæдыл асæпп кодтой партизантæ. 2 Хадзымæт æрыздæхти Салыгæрдæнæй. Дрис æм цы пакет æрбахаста Орджоникидзейæ, уый бакаст... «Къæрцхъус уæвын хъæуы, знаг хъæхъаг у, йæ кæнон нæ уадзы. Деникинимæ æнцон хæцæн нæ уы- дзæн»,— хъуыды кодта Хадзымæт. Куыддæр фæл- ладхуыз уыдис æмæ йæ Дрис афарста, йæ цъæхбын цæсгоммæ йын кæсгæйæ: — Суазал дæ? — Ницы мын у, Дрис,— загъта Хадзымæт, сь;н- тæгыл æрхуысгæйæ, стæй рабадт.— Мæнæ ацы пакет фæхæццæ кæн Цæголты Теорги æмæ Амырханмæ дæр. Уадз æмæ йæ уыдон дæр бакæсой. Уавæртæ хорз не сты, æмæ цæттæ куыд уой, афтæ. Куыд вæй- ■ йы, цы вæййы, мыййаг Денйкин рæстæгмæ уæлахиз куы кæна, уæд мах дæр сымахырдæм, Дыгуры хъæд- мæ, нæхи айсдзыстæм... — Хæрзбон, уæдæ! — загъта Дрис æмæ ацыди. Хадзымæт та сынтæгыл йæхи æруагъта. Сур хид код- та. Сæр рысти. Афтæ стыхсти, æмæ дуар чидæр куыд æрбакодта, уый дæр нæ бамбæрста. — Арт дын цæмæй акæнон?—дзырдта Ксеня, æрыдойнаг дохтыр уатмйэ куы æрбацыд, уæд. Хадзы- мæт ницы сдзырдта. Ксеня ауади кæртмæ. Кæцæй- дæр каухалæнтæ æрбадавта лыстæг къæцæлтимæ, æрсаста сæ æмæ арт бандзæрста. - — Ихæн мын нæу, фæлæ ме уæнгтæ мæхи не сты, уæззау кæнынц,— загъта Хадзымæт, йе уæнгтæ иваз- гæйæ. 126
—- Тиф ма уæд. Рынчындон байдзаг ис тифæй рынчынтæй. Станицæйы къæнцылары дæр нал цæ- уынц,—дзырдта Ксеня æмæ цыдæр хос чысыл авгæй рауагъта æмæ йæ Хадзымæтæн радта, стæй йын йæ къæхтæн дон стæвд кодта. ’ Хадзымæт бадти æнæдзургæйæ, цæуылдæр хъуы- ды кодта. Йæхи рынчь^ны мæт æй нæ уыд. Бинонтæ æмæ йæ уарзон Фаризæт дæр рохуаты аззадысты. Фронты уавæр куыд у, ууыл сагъæстæ кæны. Иæ къæхтæ донæй систа, йæ цъындатæ скодта, йæхи æр- уагъта, цъæх цинел йæ уæлæ æрытыдта. Ксеня бирæ фæкасти Хадзымæты рæсугъд цæс- томмæ, стæй сабыргай загъта: — Куы фæуиккой искуы ацы змæстытæ... Æмæ ныр’,' ацы сахат куыд æнцад стæм, афтæ куы ацæ- рикк&’к!.. Дæ зæрдæмæ иæ’цæуы ацы уат? — бахудт дохтыр. Хадзымæт йæ бæзджын æрфгуытæ хæрдмæ систа æмæ уый дæр бахудтис: — Æмæ уæдæ кæм цæрын?.. Ды æмæ Марго... Æндæр сæр фæцæвæн кæм ис?.. — Æвæццæгæн, ис,—. загъта Ксеня. — Кæд ам дæ,. уæддæр дæ зæрдæ Фаризæтимæ ис... Фаризæт зонды къуыбар’у... Æгъдауджын... Æнæ фенгæ йæ ма фæу. Салыгæрдæнмæ куы ацыдыстут, уæдæй зно- ны онг йæ цæстыбынтæ донæй нæма бахус сты... Аф- тæ иузæрдион дыл у, æмæ... Æрмæст йæ фыд Му- рат — уæнгæл... Хадзымæт бирæ уарзта Фаризæты, фæлæ бæлвырд нæ зыдта, сомбон сын цы æрхæсдзæн, уый: мæн- гард контрревоЛюционертæй, афицертæй æмæ уыдо- ны хъузæттæй йын тас у алы сахат дæр. Стæй Му- рат, Бигъайы-фырты æмбал, контрреволюцион афи- цертимæ æнгом баст у æмæ уый йæ чызгæн дæр æмæ 127
Хадзымæтæн дæр нæ ныббардзæн, хъуыддаг куы бам- бара, уæд. Фæлæ æгас куы уа, уæд æй ницы ба- уромдзæн. Æрмæст ма мæнæ контрреволюци дæрæн- гонд æрцæуа... 3 Хадзымæтмæ сихорафон фæзыидысты йе ’мбæлттæ. Уыди уазал зымæгон бон. Хур аныгъуылд бæз- джын мигъты, миты тъыфылтæ калдысты бæзджы- нæй, уæлдæфы уæззау зилдух кæнгæйæ. — Исты ног хабар ис? — афарста Хадзымæт, йæ хуыссæнæй фестгæйæ. — Ис. Мæнæ пакет Чырыстонхъæуы штабæй, — цæрдæг дзуапп радта писмохæссæг Ботъоты Микъа- ла. Хадзымæт рыдта мæгуыр сындзыхъæуккаг пис- мохæссæг керменисты. Бахудти æмæ писмо рай- хæлдта. — Салам уæм æрвитынц Цæголы-фырт æмæ Амырхан. — Бафæрс сæ-иу,— загъта Хадзымæт æмæ та касти писмо. «Фыццæгæм декабры (14 дек.) биче- раховонты ахстон Мæздæджы иырхгонд æрцыди. Петровскы æмæ Бакуйы ’рдæм алыгъдысты Бичерах- ты Георги æмæ йе ’мбæлттæ. Партизантæ Прохлад- нæйы ’рдæм ассæстой...» Иууылдæр цины змæлд бакодтой. Хадзымæт дард- дæр касти писмо: «Прохладнæйы федтам иу диссаг. Станицæйы фæ- зы баййæфтам хъазахъæгты къорды. Се ’хсæн — ицæлар Мыстулаты Елмæрзайы мард. — «Цы кодта уый?» — бафарстам хъазахъы. Уыдон радзырдтой, Мæздæджы, дам, ма хæстытæ куы цыди, уæд Елмæрза стапицæмæ æрбацыд æмæ 128
дзырдта: «Сæфы уе станицæ... Тыхтæ мын рамбырд. кæнут сырхыты ныхмæ...» Фæлæ уыцы сахат фæзын- дысты сырхытæ. Уыдон æмвæтæнæгæй цыдысты, Ел- мæрзаимæ хъазахъ кæм скъорд сты, уыцырдæм. - — «Нæ бон нæу дæ дзырд сæххæст кæнын, гос- подин инæлар!» — дзуапп радтой хъазахъ Елмæр- зайæн, сырхыты ауынгæйæ. Елмæрза рафыхти фырмæстæй, гæххæтт систа æмæ дзы афыста: «Мæ буар мын аласут уæлмæрд- тæм- æмæ-иу æй æнæуæлдай митæй зæххы бын фæ- кæнут. Елмæрза». Иæхæдæг, дам, ливор фелвæста æмæ йæ йæ ныхыл ныццавта... Хадзымæт писмо æрæвæрдта æмæ загъта: — Хорз хабæрттæ, æмбæлттæ! Зæгъæн ис, Терчы бæстæ знæгтæй асыгъдæг ис... Иæ ныхасы уаг афтæ уыд, цыма йæ низæй дæр нал тыхсы. Партизантæ йæм хъæлдзæгæй кастысты,. лæмбынæг æм хъуыстой. Фæлæ сæ алчидæр æмбæрс- та, фыддæр зындзинæдтæ ма сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. МИГЪТÆ 1 Ног аз æнцойдзинад не ’рхаста. Раздæр-иу алчи цæхх æмæ кæрдзынæй сæмбæлд бæрæгæхсæвыл, зæр- дæ-иу барухс хуыздæр цардм’æ бæллынæй. Фæлæ ныр зæрдæ ницæуыл лæууы. Æрджынарæгæй æнæ- сцухæй цы сау мигътæ фæбырынц, раст та ахæм сау бонтæ скодта. «Ссæуынц урсытæ»,— æпдæр ничиуал ницы дзуры. Йæ гæрзтæ та баифтонг кодта Цæлыккаты бул- къои. Иæ алыварс та æрбамбырд кодта йæ иузæрди- 9 Хадзымæт 129
он балбирæгъты, йæхи æнгомдæр сбаста иннæ контр- революцион бандæтимæ — Швидковимæ,* Бигъайы- фыртимæ... Æлвисы та йæ тугæйдзаг пълантæ. Сусæг дæр сæ нал кæны. Бон-изæрмæ урс афицертæ уынгты æмызмæлд кæнынц. Швидковы хæдзары зымæгон уазал æхсæв æрæм- бырд сты Сослæнбегитæ. Уыдон, раздæрау, кæнынц сæ рагон тæрхæттæ,— нæ аивтой сæ фæндтæ, нæ бам- бæрстой, цард сыи цы тæрхон рахаста, уый. — Большевикты кæрон æрцыди,— дзырдта Бигъа- йы-фырт. — Се штаб сын æрцахсын хъæуы, — уынаффæ хаста Цæлыккаты Угъалыхъ. — Чермены æмæ Рæ- моны-фырты æрцауындзæм. — Уый раст у, Угъалыхъ! —^загъта атаман Швидков.— Æнцад бадæн нæй. Цæуын хъæуы нæ намысджын инæлар Деникины размæ цæхх æмæ кæр- дзынимæ! — Æз ацæудзынæн! — цæрдæг фестад Къацийы- фырт. — Æз дæр ацæудзынæн,— йæ фарсмæ балæууыд вахмистр Карпо дæр. — Нæ отряд Сындзæй æрбакæкæм,— сдзырдта Бигъайы-фырт, Къациты Хъайсын æмæ вахмистр Карпомæ бакæсгæйæ, стæй уыдон тагъд-тагъд куы федде сты, уæд йæ ныхасыл бафтыдта: — Сæрæн- гуырдтæ сты, Мураты хуызæн... Ахæмтыл хъуамæ нæ зæрдæ дарæм мах... Уыди мæйдар æхсæв. Уарыд мит, æнæрынцойæ дымгæ æхситт кодта. Æнцад хуыссыд хъæу. Иу афон, уаедмæрдтæм цы уынг цыдис, уый райхъал бæхты къæхты хъæрæй. Хъуысынц фæсус хъæлæстæ, хъуы- 130
сы æнæбæрæг уынæр, — Къацийы-фырт æмæ Карпа æрбахæццæ сты урс бандæимæ. — Уæ бæрзонддзинад, отряд ам ис,— загъта Кар- по, къæсæрыл æрбахизгæйæ. Бигъаты Сослæнбег, Цæлыччы-фырт æмæ Швидков рахызтысты уынгмæ. Уыцы сахат сæ размæ æрбауади Мурат. — Ацы номхыгъд бахъæудзæн,— гæххæтт Швид- ковмæ авæргæйæ, загъта Мурат. — Уый Æрыдоны керменистты номхыгъд у... Гæбынаты Умары зонутг Хадзымæтмæ писырæй кусы. Уый мын æй сарæзта. — Ау, æмæ уый керменист нæу? Се штабы куы кусы,— афарста Швидков. — Нæ, Умар нæхи лæг у...— худгæйæ загъта Му- рат <æмæ хъазахъæгты къордмæ адзырдта, Бигъа- йы-фырты фæстæ араст уæвгæйæ:—Мæ фæдыл! Æмæ иууылдæр араст сты Деникины æфсæдты размæ Æрджынар&джы ’рдæм «цæхх-кæрдзынимæ». Райсомæй уынгты фæарæхдæр сты гæрзифтонг адæм. Раздæр цæст кæй нæ уыдта,. ахæм æнахуыр æрцæуæггæгтæ цыдысты сыхаг хъæутæй, хъæдæй. - Сабыр цæрæг адæмæй, партизантæй уынгтæм ни- чиуал зынди, сæхи æфснайдтой фæсвæд рæтты. Æр- мæст ма сырхгвардионты штабы цалдæрæй бадты- сты. Сабаз æмæ Фаризæт рынчын Хадзымæты уæгъд иæ уагътой. Хадзымæт та сынтæгмæ йæхи байста. Бонæй йыл тынгдæр æртæфсыди æмæ ныр йæ тæв- дæй ницуал æмбæрста. Фаризæт æнкъардæй бады йæ цуры, Сабаз дæр мæт кæпы. Штабмæ бахызты- 131
сты Чермен æмæ писыр. Умар скъаппæй цавæрдæр гæххæттытæ райста æмæ сæ фæлдæхта, цыдæртæ фыста, рæстæгæй-рæстæгмæ джихтæгæнгæйæ касти салд ру’дзгуытæм, куы та-иу Хадзымæты ’рдæм аздæх- ти æмæ йын хъуыста йæ хъæрзынмæ. — Цæмæн ма цыдтæ ды та ардæм? — уайдзæф- гæнæгау загъта Фаризæт, уыцы тас сахаты Чермены фæзындыл фæдис кæнгæйæ. Чермен ницы сдзырдта. Цавддурау лæууыд, Ха- дзымæтмæ джихæй кæсгæйæ. — Хадзымæты аласын хъæуы ардыгæй,— загъта та Фаризæт. Чермен дзæвгар фæкастис- Хадзымæты мæллæг æмæ тæвдæй сырх цæсгоммæ, стæй йæ сæр ныттылд- та æмæ фездæхти писырмæ. — Ныууай-ма Галичмæ æмæ хабар базон. Умар йæ ручкæ æрæвæрдта æмæ ацыди стансо- ветмæ. — Чермен, хъуыддаг мæм хорз нæ кæсы... Урсы- тæ æрбахæстæг сты, æвæццæгæн, Муратитæ сæ раз- мæ ацыдысты,— дзырдта Фаризæт.— Ам ма бад ды дæр, дæхи бафсиай... Мах дæр ныртæккæ цæуæм... — Болыпевиктæ тæссаг ранæй нæ лидзынц. Ха- дзымæт ам баззайа рыцчынæй, æз та ушдзгæ акæ- нон? — загъта Чермен æмæ рудзынгæй акасти мит- æмбæрзт хæдзæрттæм, бульвары бæгънæг æмæ салд бæлæстæм. Иæ цæстытыл уадысты Орджоникидзе, Киров,. Георги, Амырхан, Дебола... «Уыдон ныр ам куы фестиккой! Фæлæ сæхуыдтæг дæр кæд искуы зын ран сты?!» — уыцы хъуыдытæ кæнгæй& Чермен фездæхт Фаризæтмæ. — Нæ писыр Умар никуы зыны, акæсон æм... » — Мæ хур, Чермен! Дæ сæр бафснай! Мæ зæрдæ йæ зоны, мæ фыд Мурат уыцы бандæимæ дзæгъæлы 132
нæ ацыди урсыты размæ...— ноджы та лæгъстæ код- та, Фаризæт, йæ цæстысыгтæ згъалгæйæ. — Ма мын тæрс,— сдзырдта ма Чермен æмæ ра- хызти бульвармæ. Изæрдалынгты мигътæ ныллæгдæр æрбадтысты. Къæнцылары ’рдыгæй тигъæй фæзындысты цалдæр хъазахъаджы сау уæлдзарм кæрцыты æмæ хъуын- джын худты æмæ уайтагъд алæууыдысты йæ уæл- хъус. Чермен нал бафæрæзта йæ ливор сласын дæр. — Байаты Чермен нæ дæ?—наган ныддаргæйæ, Черменмæ фездæхти хъазахъæгты хисдæр, штабс- капитан Борæдзаты Алыкси, къæсхуыргомау сау схъæлрихи афицер. Чермен дæр æй дардæй базыдта — иухатт Алыкси Сабазы фыд Соброны куывдæй ра- цыд æмæ банымыгъта Черменæн йæхи дæр æмæ Ор- ловы дæр. -г- Чермен у. Æз æй хорз зонын! — фæхъæр кодта гуымиры хъæлæсæй вахмистр Карпо.— Мæ бар æй уадз, æз ын большевиктæ кæм сты, уый бацамонон! — Баджигул æм кæнут,—загъта ма штабс-капитан Алыкси. • Хъазахъæгтæ февнæлдтой Черменмæ, йæ пин- джакы бынæй йын райхæлдтой йæ наган. Раластой йын йæ цырыхъытæ, йæ палто, йæ пинджак. Сис- той йын’ йæ сæрæй йæ сау бухархуд* æмæ йæ сæ ра- зæй акодтой ахæстонмæ. 2 Æрталынг. Уынгтæ сты митхæццæ цъыфæйдзаг. Сыбыртт дæр ник&цæй цæуы. Æрмæст ма керме- нистты штабы алыварс бæлæсты бынты рацу-бацу кæнынц цавæрдæр æнахуыр адæм. Хадзымæтæн фен- цондæр ис æмæ ракасти йæ цæстытæй. Фаризæты тарст хуызæй куы ауыдта, уæд рабадти йæ хуыссæ- 133
ны. Уалынмæ фæзынди Ксеня Хадзымæты хисдæр æфсымæр Гæлæуимæ. Урсыты федтой штабмæ хæс- тæг, фæлæ рынчынæн куыд зæгъой хабар? Æмæ Ксе- ня Хадзымæтæн радта хостæ, укол ьш ’скодта, стæй ма загъта: — Тифы æууæлтæ дæм ис, дæхи хъахъхъæн... — Ласын æй хъæуы тагъддæр искуыдæм, æнцад, зæрдæдаргæ ранмæ, ацы бирæгъты хъæлæсæй. Уæр- дон цæттæ у,— тагъд кбдта Ксеняйы Гæлæу. Саб.аз, йæ хæкъуырццæг тыххæй - уромгæйæ, кæртмæ аз- гъордта. — Чермен цы фæци? — бафарста Хадзымæт æмæ къуымтыл йæ цæст ахаста. — Ацыд кæдæмдæр... Фæлæ цæуын хъæуы, ца- лынмæ талынг у, уæдмæ,— сдзырдта Фаризæт, гæх- хæттытæ атухгæйæ.— Тифимæ хъазæн нæй... Хадзымæт рабадтис, йæ цинел райста. Фаризæт ын рæвдз атыхта йæ хуыссæнтæ æмæ сæ цæхæрадо- кы ’рдæм рудзынгæй Сабазмæ алæвжрдта. Сабаз та сæ зæронд бæтæхъойыхъæуккаг Куыдзаты чысыл лæп- пумæ алæвæрдта уынгмæ. Лæппу Сабазæн хæстæг æййæфта, цалдæр боны сæм уазæгуаты уыдис, æмæ æвæджиауы хорз рауад хъуыддаг — уый йæ алас- дзæн партизан Ахмæттæм. Уæрдонмæ схызти Хадзымæт, æмæ йæ хъæццулæй æрæмбæрзтой. Иæ дæлфæдтæм æрбадти Фаризæт. Лæппу бæхы рохтæ райста æмæ разæй рæтæнагъдыл æрбадти. — Хъусут, Фаризæт,— фæдзæхста Сабаз,— исчн уæ куы фæрса, уæд зæгъут: «Не ’фсымæр тифæй са- ди рынчындоны æмæ уый ласæм». Баласут æй Ах- мæттæм... Мах дæр уырдæм фæцæуæм. , Уæрдон араст ис базары фæзыл. Сабаз штабы гæххæттыл зынг бафтыдта. Чи ма хъуыдис, уыдон 134
та йæ дæларм акодта æмæ рудзынгыл рахызти цæ- хæрадонмæ, уырдыгæй та уынгмæ... Мигътæ сæхи систой. Ф-æрухсдæр ис, æмæ ныр дзæ- бæх зындысты æцæгæлон лæгты æндæргтæ ставд бæ- лæсты фæстæтæй,—Шкуройы салдæттæ штабы алы- варс æртыхстысты. — Кæцы дæ уый? — афарста сæ иу, уæрдон сæм куы бахæстæг ис-, уæд. Мæнæ ме ’фсымæр тифæй рынчын у æмæ уый ласæм рынчындонæй. Бæтæхъойыхъæуккаг дæн, Куы- дзатæй. —- Ай та чи у? — афарста урсгвардион Фаризæ- ты, иæхæдæг бæхы синтæ ныддаудта. Бæх фестъæлфыд. Фаризæт фæцудыдта æм’æ фæ- касти ,фæрсæгмæ. — Хамырзæ куы дæ! Худинаг дын нæу?! Цы сби- рæгъ стут?!—мæстыйæ сдзырдта Фаризæт Хамыр- зæмæ.. : —’ Фаризæт нæ дæ? — афарста йæ уый. — Бæгуы дæн... — Бахатыр кæн, нæ дæ базыдтон! Ды нæхион- тæй дæ. Фаризæтæн зын бамбарæн нæ уыди уыцы ныхас: Фаризæт «хион» у, уымæн æмæ йæ фыд Мурат афи- цер сси. Хамырзæйы кæсдæр æфсымæр та булкъон Белргорцевы чызджы æрхаста. Урсгвардион ма йу хатт хатыр ракуырдта, æмæ Фаризæтитæ дарддæр ацыдысты. -Æмбисæхсæв Ха- дзымæты баластой Ахмæты кæртмæ. — Ма тыхс... Иунæг нæ уыдзынæ,— дзырдта Фа- ризæт, Хадзымæты сау бæзджын сæрыхъуынты йæ хъарм -æнгуылдзтæ акæнгæйæ, æмæ йый йæ русыл йе ’хсæрфарс авæрдта.— Æз дæр демæ цæуын... Ды кæм уай, æз дæр уым,—дзырдта чызг рæвдауæн 135
хъæлæсæй. Хадзымæт ын йæ тыхулæфт æмæ йæ зæр- дæйы гуыпп-гуыпп хъуыста.' Æрсæрфта йæ къух чыз- джы фæлмæн дзыккутыл æмæ йыл, цыма тар æхсæв хур ныккасти, уыйхуызæн йæ зæрдæ барухс, цыдæр æхсызгон ныфс йе уæнгты ахъардта. — Бузныг, Фаризæт, ма мын тæрс, — ныфсытæ æвæрдта Хадзымæт чызгæн.— Æз дæ бирæ уарзын... Фæлæ уал... рæстæг неппæтæй дæр стыр хъуыддæг- тæ домы... Чи зоны, æз дæр мæ хæс сæххæст кæнон адæмы раз æмæ уæд никуыуал фæхицæн уыдзыс- тæм... Æнафон у... Ацу... — Кæдæм ацæуон? ^ — Уæхимæ, кæнæ мæ мад Лескамæ ацу æмæ йын зæгъ мæ хабар, ныфсытæ йын авæр. — Ды та цы фæуыдзынæ? — фæрсы йæ Фаризæт. — Хъæд’мæ цæуын хъæуы мах. — Æз дæр цæуын!—ныллæууыд чызг.— Ды кæм мæлай, уым æз дæр... Мæ фыдимæ мын цæргæйæ нал у, аргæвддзæн мæ. Хадзымæт нæ разы кодта,— æнцон нæу буц хаст чызгæн хъызт зымæджы хъæды рахау-бахау кæнын. — Æрлæуу!—фæхъæр кодта чидæр’уынджы. Фа- ризæт æмæ Хадзымæт сæ ныхас фæурæдтой. Кауы сæрты чидæр æрбахызти. Хадзымæт базыдта Саба’зы. Фаризæты къухыл рахæцыд. Атымбыл сты æртæйæ дæр æмæ цæхæрадонмæ, цъынайы фæсгæмæ, сæхи байстой. — Ныртæккæ нæ фæдыл æрбацæудзысты хъа- захъæгтæ,— лæф-лæфгæнгæ дзырдта Сабаз æмæ цъынайы хуынкъ айгæрдыныл балæууыд. Хадзымæт æм æнцад касти. — Дзæбæхдæр нæ дæ? — афарста Сабаз. — Цом нæхимæ! —дзырдта Фаризæт. — Нæхимæ цы хоныс? — бафарста йæ Хадзы- 136
мæт. — Нæхимæ кæй никуы вæййын, уый нæ зоныс? Фаризæт фембæрста, Хадзымæт * цы зæгъынмæ хъавыд, уый, æмæ йæм ницуал сдзырдта. Сабаз цъы- найы куы ныббырыди, уæд Хадзымæт райста Фари- зæты. къух æмæ ма йæм фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта: — Ма мын тæрс... Ацу, Лескайæн бамбарын кæн хъуыддаг. Æз дæр та зындзынæн... Фаризæты рустыл æруадысты судзаг цæсты- сыгтæ... 3 Ахмæт йæ цъыфæйдзаг дзабыртæ раласта æмæ сæ, пецы фарсмæ бадгæйæ, хус кодта. Æвиппайды йæ хæдзары дуар фегом. Ахмæт фестад, уаты астæу алæууыд бæгъæввадæй æмæ фестъæлфыд — хъазахъ- æглæ йæм фондзæхстон топпытæ ныддардтой. — Большевик дæ?! — Æз цæй большевик дæн! Мæгуыр кусæг лæг дæн,— загъта Ахмæт æмæ йæ дзабыртæ кæнынмæ æргуыбыр кодта. — Æнцад!—сау хьуынджын худы бынæй рæсыд сырх цæстытæ сдзагъултæгæнгæйæ та загъта хъа- захъаг. — Цы кодтон? — Зæгъ, чи æрбахызти уæ кауы сæрты? — Хуыцауæй уæ бауырнæд, никæй федтон... — Æ, хæйрæджы мыггаг! — фæхъæр кодта фæсус хъæлæсæй хъазахъаг.— Дæ мæгуыр дын мах фе- нын кæндзыстæм.— Сæ иу кæцæйдæр радавта бæн- дæн.- Ахмæты хъуырыл æй акодта. Рудзгуыты бынæй кæйдæр уæззау къæхты хъæр ссыди, æмæ хъазахъ- 137
æгтæ фæхъус сты. Хæстæгдæрæй та ссыди ’ къæхты уьвнæр. Хъазахъæгты тас фæмидæг ис. -*- Кум, что там?!с—сдзырдта сæ иу иннæмæ, æмæ дуар ахгæдта. Исдугмæ ничи ницы дзырдта. Уа- лынмæ дуар ныххостæуыд. — Чи ис уым? — афарста хъазахъаг. — Мæ къона байхæлд! — кæуæгау кодта Чабæ, Ахмæты ус, йæ сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй ’ин- нæ уатæй рахизгæйæ. — Откройте! — æрбайхъуысти кæртæй кæйдæр хъæр. — Ахфицер, Федя! — сдзырдта хъазахъаг йе ’мбалмæ, дуары хуынкъæй акæсгæйæ/ стæй фегом кодтой дуар. Æрбахызт Ахмæты усы æфсымæр Алык- си. Уаты къуымты йæ цæст ахаста. Хъазах1>æгтæ хорзау нал уыдысты, æнхъæлмæ кастысты, "афтæ мæсты каст сæм чи кæны, уыцы æнæзонгæ аф’ицер цы зæгъдзæн, уымæ. Ахмæт йæхæдæг дæр йе *'муд нæма æрцыд—-дис кæны: кæцæй фæзынд Алыкси? Иу-цасдæр иууылдæр æгуыппæгæй лæууыдысты. Алык- си бамбæрста, йæ хо Чабæйы бинонтæ сæ уагыл кæй не ’сты, уый. — Чи уын радта æнцад цæрæг адæмы хъыгда- рыны бар?!— цæхгæр фæзылд хъазахъæгтæм Алыкси. — Ваше благородие!.. — Молчать! — Ам большевиктæ ис...— дзырдта хъазахъаг, йæхи раст кæныныл фæлваргæйæ. — Где они? Вон отсюда! Хъазахъæгтæ феддæдуар сты. Алыкси ахъæбыс кодта Ахмæты. Йæ пъагонтæ æрттывтой арты рухс- мæ. Æртæ азы размæ хæстмæ куы цыди, уæд ыл ри- хитæ нæма уыди. Ныр ыл хъуын рахæцыд, сау мил 138
дардтой йæ рихитæ æмæ сæ хæрдмæ къæлæт здыхт скодта. Алыкси цыма хъазахъы афицерты фæзмы, аф-" тæ фæкасти Ахмæтмæ. Фысымтæ уазæгыл фæцин кодтой. Æнæнхъæлæджы кæй сæмбæлд, уымæй сæ цин тыхджындæр цыма кодта, афтæ зынди. Иудзæв- гар рæстæг Ахмæт сынтæгыл хуыздзыдæй бадти, дзу- рынмæ дæр нывыл нал арæхсти. — Æгайтма фæзындтæ...— ризгæ хъæлæсæй загъ- та æрæджиау.— Мардтой мæ... — Æмæ дæм цавæр большевиктæ федтой? Дæ- хæдæг ма уай большевик? — афарста худæнбылæй Алыкси. — Кæд сын ды исты зоныс, уæд æз дæр... Цæй большевик мæм ис? Большевиктæ ахæм æнæгъдау сты? — Куыд ома? — Куыд? Мæнæ урсыты хуызæн... Изæры ныхасы цалдæр лæгæй лæууыдыстæм. Æртæ хъазахъаджы ссыдысты нæ рæзты расыгæй, цудтытæгæнгæ. Сæ иу æрбаздæхти махмæ æмæ нын мад-фыд нал ныууагъ- та. Уыйф(æстæ уæлæсыхаг дыууæ чызджы æмæ иу ус сæ фæрсты бахызтысты кауы рæбынты. .Хъазахъ- æгтæ сæм фездæхтысты, сæ иу йæ хъæбысы акод- та чызджы, иннæ та — усы. Нал сæ уæгъд кодтой сæ цъыфæйдзаг къухтæй, æлгъыстой сæ, цалынмæ уы- дон сæхи нæ атыдтой æмæ кæрты нæ фæмидæг сты, уæдмæ... Фæсмон фæкодтам, кæй сæм нæ февнæлд- там, ууыл... Цæуыл мæ мардтой æниу ныр? Мæ хъуы- рыл мын бæндæн акодтой... — Цæй, дæ хъæстытæ кæнынмæ та куы фæдæ,— сбустæ йыл кодта. Чабæ æмæ цывзыджын арахъ фæлмæн цыхт æмæ дзулимæ авæрдта лæгты раз. — Дз,зе!бæхæн ма куы баззаиккам ацы бирæгътæй... 139
Алыкси уазæг у æмæ йын иу арахъ ануазын - кæн. — Алыксийæ ницы зæгъын. Цъаммар чи уа, ’уы- мæй та цъаммар зæгъын хъæуы. — Ахмæт, æцæг большевикы ныхас кæныс... Уы- мæн дæ ауыгътой,— Чабæмæ йæ цæст æрныкъулгæ- йæ, сдзырдта Алыкси. — Æмæ уæдæ Хадзымæт кæнæ Амырханыл ба- рæн ис уыцы цъамарты?.. — Кæм сты уыдон та? — Чи сын цы зоны... Дæлæ штабы уыдысты.'..— фæливæн ныхас скодта Ахмæт... — Иумæ уыдыстæм хæсты, стæй фæхицæнтæ стæм, прапорщикты скъоламæ мæ куы арвыстой, уæд... Уыдон болыпевиктæ ма уой? Сырхгвардионты штабы куыстой? — хынцфарст кодта Алыкси, фæлæ Ахмæт ницыуал сдзырдта. — Чи сты большевиктæ?— нал æй уадзы Алыкси. — Нæ зонын... Фæлæ хуыздæр цардыл тох кæ- нынц...— загъта Ахмæт.— Цæмæн хъæуы ахæм хæст?.. Хъуыды ма кæныс, ды кадетты корпусы куы кастæ, уæд цы стыр куывд уыди Сабазтæм? Хадзымæт æмæ Амырхан дæр уым куы уыдысты сæ ахуыргæнæг Ор- ловимæ. Уыйфæстæ сæ æрцахстой... Орлов дæр -уæ- дæй нырмæ никуы зыны... Зондджын лæг уыди... Ки- ровы зоныс? Уыимæ, дам, иумæ куыста. Кæм и ныр цымæ? Алыкси тар æрфыгæй бакасти йæ сиахсмæ. Ах- мæт ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта Орловы æр- цахст.Пъырыстыфмæ дзырд чи бахаста Орловыл, уы- доны æмбал уыди Алыкси дæр. Уæдæ Кировы кой дæр Шкуройы æфсады арæх кодтой. — Стыр хъæбатыр адæймаг, дам, у,—загъта Алыкси.— Астраханы ’рдыгæй нæ тынг тыхсын кодта. Кубаны радæйы æмбырды Деникин дзырдта: Кйро- 140
вы æфсады — Х1-æм Æфсады ныхмæ хæцгæйæ, дам, дæс æмæ ссæдз мин лæджы фæмарди урсытæй, Кор- ниловы æмæ Марковы хуыздæр Ъолчъытæ сихсыды- сты... Кировы бирæ уарзынц адæм, йæ кой кодтой алы ран дæр. Фæлæ коммунæйыл хæцы,— ахъуыды- гæнгæйæ, бафтыдта йæ ныхасыл Алыкси. — Замана уый у, æмæ коммунæ иикуы уыдзæн. Уæздан æмæ сау никуы баиу уыдзысты, ахуыргонд æмæ æнахуыр- гонд дæр афтæ. Сæ хъуыдытæ та хорз сты... — Æз ахуыргонд нæ дæн, Алыкси, фæлæ мын мæ хурхыл бæндæн чи бакодта, уый уæздан æмæ цы- фæнды æхсин схон, уæддæр æй никуы бауарздзы- нæн,— мæстыйæ загъта Ахмæт. — Уæздан схонгæйæ нæу... — Ма лæуу ныхмæ, Ахмæт... Райсом фендзысты большевиктæ, коммунæ кæм ис æмæ зæхх кæй у, уый,— Алыкси рудзынгæй ацамыдта талынг уынгмæ, базары астæу урсытæ цы ауындзæн сæвæрдтой, уы- мæ.— Партизантæ æмæ большевиктæ ссардзысты сæ коммунæ... Изæры дзы иуы куы рац’ахстам... — Чиу? — Чермен. — Чермен?! — Хъыг дын у? — загъта Алыкси, Ахмæты хуыз- дзыд цæсгоммæ бакæсгæйæ. Ахмæт цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй фæсус хъæлæсæй загъта: — Алыкси, цæмæй Чермен суæгъд уа, уый бакæн. Куыд знаг стæм нæхицæн!.. Ауæй йæ кодтой...— баз- дæхт Ахмæт йæ каисмæ. — Раст зæгъыс, дæлæ Змейкæмæ нæ размæ ра- цыдысты Муратитæ æмæ уыдон ауæй кодтой Чер- мены. -, — Чермены фервæзын кæн! 141
— Зын хъуыддаг у уый... Швидков æмæ Мурати- мæ бадзурын хъæуы... — Уæддæр нæхи у, фæллойгæнæг адæмы фарс. Раст адæймаг, — дзырдта æнувыдæн Ахмæт. — Ацы урсытæ цъаммар сты. Дæхимæ йæ ма бамбар, Алык- си, фæлæ афтæ куы нæ уаид, уæд тыхмитæ нæ кæ- никкой... Алыкси æмбæрста, йæ райгуырæн Ирыстоныл дæр мидхæсты арт кæй сирвæзти æмæ бирæ зындзинæдтæ кæй федта, уый. Фæлæ, урсытимæ баст уæвгæйæ, йæ ныфс нæ хаста æргомæй сæ ныхмæ исты сдзурын æмæ йæ зæрдиаг ныхæстæ кæнын дæр суанг Ахмæ- тæ}Г æмæ уый хуызæттæн нæ уæндыд. «Коммунистты ныхæстæ кæны Ахмæт,— хъуыды кодта Алыкси йæ- хинымæр. — Фæлæ хæстæджы сæр дæр нымайын хъæуы». «Алыкси афицер у. Раст зæгъгæйæ, * уый иутæй дæр нæ уыд æмæ иннæтæй дæр. Куырмæджы урсыты фæдыл ацыд. Германы хæсты райста афицеры цин. Уыйфæстæ йæ хæсты уылæнтæ Уæрæсейы къуымты рахæсс-бахæсс фæкодтой, хорз дæр не ’мбæрста, раст чи у æмæ зылын чи у, уый. Афицеры цинæй буц уы- дис æмæ бæлвырд никуы ахъуыды кодта, æвæццæ- \ гæн, цардыл, сомбоныл,— йæхинымæр фидарæй загъ- та Ахмæт.— Хадзымæт, Чермен æмæ иннæтæ та зо- нынц сæ нысан, уынынц сæ рæсугъд фидæн, фæлæ а мæ каис уыдонæй нæу». Алыкси бæркад загъта æмæ фæдзæхста: — Хъахъхъæнут уæхи... Черменæн дæр кæд исты гæнæн уа, уæд мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн, Ах- мæт... Æз дæр бирæгъ нæ дæн. Ныронг ме ’рыгоны зонд, мæ уавæртæй кæд куырм уыдтæн, уæддæр мæм цыдæртæ хъарын райдыдта, дарддæр уынын рай- дыдтон... 142
4 Æмбисæхсæв уыдаид. Хъæу ныссабыр. Æрмæст ма иу хатт, топпы гæрах фæцыди. Урсытæ æрбадты- сты партизанты штабы. Бонырдæм гæрзифтонг сал- дæттæ арæхæй-арæхдæр цыдысты уыцырдæм. Уый Хадзымæт хорз уыдта, хосы цъынайы бынæй-иу куы акаст, уæд... Бонмæ бирæ иал уыди. Сындзырдыгæй сæууон дымгæ доны сæр-сæр хаста æмæ та-иу ба- змæлын кодта хосы хæлттæ. Хадзымæтмæ афтæ кас- ти, цыма сæм исчи лæсы, кæнæ хосы цъынайыл æн- дзары. Йе уæнгтæ та æруæззау сты. Фæлæ йæхи не ’руагъта. Йæ наган æрцæттæ кодта, кæд къухы уы- йас хъару нал уыд æмæ чысыл рызти, уæддæр. — Хадзымæт, куыд дæ? — афарста йæ Сабаз. — Ницы мын у... Фæлæ нæм исчи куы фæзына, уæд фидар лæуу, цалынмæ нæм гилдзытæ уа, уæд- мæ... Стæй уыйфæстæ дæр,— æрæджиау ма афтыдта йæ ныхасыл Хадзымæт. Уалынмæ бамбæрстой, хъæмпы хæлттæ дымгæйæ кæй змæлыдысты, æмæ сæм уыдоны сæр-сæр кæй- дæрау кæй каст, уый. Æмæ уæд сæ нагантæ бафс- найдтой. — Цæуын хъæуы,— загъта Хадзымæт. — Кæдæм?! — Хъæдмæ... Сындзыл ацæудзыстæм, — дзырдта Хадзымæт, йæхæдæг йæ дзыппæй сласта афицеры пъагæттæ æмæ сæ йе уæхсчытыл æрфидар кодта. Иæ худыл та бакодта урс кæлмæрзæн. — Сыгъдæг урсгвардисщы хуызæн дæ, ничи дæ базондзæн,— бахудти Сабаз? — Бакæн ды дæр урс^Жæцъил. дæ худыл. — Ма ацу! Мæ зæрдæ’ æнцад нæу... Фесæфдзыс- 143
тæм, фæлтау бонæй ацæудзыстæм урсыты формæйы, стæй æнæфæразгæ куы дæ. Хадзымæт бахудти зæрдæхæларæй: — Æз дæр ма ахæм ныхæстæ кодтон айфыццаг Орджоникидзейæн, Пысылмонхъæумæ куы цыди, уæд. Æмæ мыл фæхудти. Худинаг, дам, у тæрсын махæн, большевиктæн. — Уый раст у... Фæлæ нæ куы æрцахсой фæнда- гыл... — Ма тæрс... Ныронг сау хъæдты куы фæрæз- тай... Сабаз ныхъхъус ис. Уый сфæнд кодта баззайын æмæ йын хæрзбон загъта Хадзымæт. — Бирæ нал ис Сырх Æфсады ссыдмæ. Исты дма- лæй дæхи бабæтт Черменимæ æмæ нæм хъусын кæ- нут хабæрттæ. Нæ иннæ æмбæлттæ дæр сæхи хъæд- мæ айстой. Хадзымæт Сабазы йæ хъæбысы ныккодта. Пар- тизанты номхыгъд айста йемæ, ралæсыд цъынайæ æмæ цæхæрадоныл ахызти Сындзы ’рдæм. — Хадзымæт ацыд Тæргайдоны былтыл сæхимæ, зæрæдты ма фенон, зæгъгæ. Бахоста рудзынг. Би- нонтæй ничи хуыссыди. — Марадз, не ’фсин, акæс!.. Кæд Чермен æрбаз- дæхти, йе та урсытæ уыцы æнамонды агурынц,— загъта Гаги. Леска йæ къæхтыл фæсмын дзабыртæ акодта, цырагъ æрæвæрдта рудзынгыл ’æмæ дуар фе- гом кодта. — Чи ис, нæхимæ? — Дæ фыд æмæ де ’фсымæр йедтæмæ ничи... Цы кодтай? — тыхстхуызæй фарста мад æмæ йæ фырты цонгыл фæхæцыд. ; -М\ — Рынчын дæн, æвæццæгæн,— загъта Хадзымæт æмæ банцой кодта къулыл. 144
Рабадтысты йæ фыд Гаги æмæ Гæлæуы ус дæр. Пецы фарсмæ йын æруат кодтой тъахтиныл, æмæ Хадзымæт æрхуыссыди. Леска æрхæндæгæй лæууыд лæпцуйы цур, æнтъыснæг хъуыдытæй йæ сæры туг- дадзинтæ тыдтой. — Цæй æнамонд гуырд фæдæ?—йæхуыссæнæй йæ -сæр сындæг батилгæйæ, уайдзæфтæ кодта Гаги. — Урс бирæгъты ды бадомынмæ хъавыс?! Хъалты цы фæзмыс? — Рынчын у, баба,— бамбарын кодта Гæлæу йæ фыдæн.— Ныхæстæй ницы пайда ис. Исты хос ын ссарын хъæуы. Гаги йæ куырæт æрбакодта йе уæхсчытыл, хæс- тæг бацыди Хадзымæтмæ. Йæ ныхыл ын авæрдта йæ дæрзæг къух. — Æнамонд... Судзы артау. Исчердæм æй ласын хъæуы...— йæ урс сæр тилгæ, сдзырдта фыд æмæ фæстæмæ бацыд йæ хуыссæнмæ. — Ницы мын у... ма тæрсут,— ныфс дæттæгау дзырдта Хадзымæт.— Фæлæ Чермен цы фæци? — Дæхи кой уал бакæн. Уæддæр та Чермен! Чер- мены агуырдтой изæры рухсæй. Дæу дæр фарс- той... — Чи? — Кæм цы абырæг ис, уыдон,— Къацийы-фырт æмæ Мурат. — Уæдæ фесæфти, æвæццæгæн, Чермен.— Цыдæр зæгъын ма фæндыд Хадзымæты, фæлæ йæ сæр зыл- *ди, цæстытæ тартæ кодтой æмæ ныхъхъус. Гæлæу ацыд æмæ чысыл фæстæдæр æрбаздæхти Фаризæт æмæ Ксеняимæ. . • — Æз, баба, ауайон, уæрдон арæвдз кæнон. Ала- сын, æй хъæуы исчердæм урсыты хъæлæсæй,— загъ- та Гæлæу æмæ ацыди. 10 Хадзымæт 115
— Куыд’ дæ? — афарста Ксеня рынчыны æмæ йæ æрысгæрста йæ фæлмæн къухтæй.—Тиф ’у. Хадзы’мæты былтæ кæрæдзиуыл нындæгъдысты, тыххæй урæдта йæ хъæрзын. Фаризæт лæууыд йæ дæлфæдтæм æмæ йын æдзынæг касти йæ сау бæз- джын æрфгуытæм, йе стыр цæстытæм. Цалдæр са- хаты размæ ма уыцы цæстытæ æрттывтой стъал’ытау æмæ рæвдыдтой чызджы, хъуыста йын йæ сабыр æх- сызгон хъæлæс. Ныр бамыр ис æмæ нал æмбæрста* кæм ис æмæ йæ цуры чи ис, уый дæр. Лескайы кæ- уын фехъусгæйæ, Фаризæт дæр йæ цæстытæ доны разылдта. — Цæттæ у уæрдон! — фехъусын кодта Гæлæу. Схæцыдысты Хадзымæтыл, рахастой йæ кæртмæ. Сæ- вæрдтой йæ уæрдоны æмæ йæ се ’рвадæлтæм, Габо- мæ, аластой Стыр уынгмæ. Уым æртæ боны фæхуыс- сыд æмбæхстæй. Зылдысты йæм Ксеня æмæ Фари- зæт. Рынчын йе ’муд нæма æрцыд, афтæмæй та йæ æндæр ранмæ ласын бахъуыд,— Мурат æмæ Къаци- йы-фырт джигул кодтой хæдзæртты. Хуыздæр амал нæ уыдис, æмæ Хадзымæты йе ’мбæлттæ цавæрдæр чындзхæсджытимæ фæиу кодтой æмæ йæ уыдонимæ Аластой Хъæдгæронмæ Тотраты Елдзарыхъомæ. Уы- рдыгæй та йæ аластой Майрæмадагмæ, Царахатæм, йæ мадырвадæлтæм... 5 Мит йæ уарынæй не ’нцад, Æрджынарæгæй хаста уазал тымыгъ. Уынгтæ уыдысты хасты хуызæн. Æрыдоны къæнцылары цур æмбырдтæ кодтой адæм. Цавæрдæр урс пъагонджын, йæ къухы гæх- хæтт, афтæмæй æддæмæ-мидæмæ кодта æмæ, цыма искæй агуырдта, уыйау, куы иуырдæм касти уын- джы, куы та иннæрдæм. 146
Адæмы æхсæнты дыууæ хъазахъаджы къæнцы- лармæ бакодтой иу æнæ худ лæппуйы, скъуыдтæ бæмбæджджын куырæты, йæ хæдоны раз стыгъд, йæ цæстыбынтæ цъæхтæ æмæ рæсыдтытæ. Уый уыди Бо- тъоты Никъала. — Марын хъæуы уыцы хæрæджы! — йæ лæдзæг батылдта Илас. — Дæлæ фæзы йæ ауындзæн цæттæ у,— дзуапп ын радта Къацийы-фырт. Ахмæт хъуыста уыцы ныхæстæ. Иæ цæст алы- рдæм ахаста, фæлæ никæй федта партизан- тæй. — Кæмæн цы кодта мæгуыр лæг?! — йæхи нал баурæдта Ахмæт.— Абон уый, райсом та æндæр ис- кæй сæр сæфдзæн... — Раст у,— загъта къулер Икъаты Гамбол. — Адон дæр партизантæй ма уой?! — сдзагъул- тæ кодта йæ цæстытæ Къацийы-фырт. Цыдæр тыз- мæг ныхæстæ скæнынмæ ма хъавыди, фæлæ дыууæ урс æфсæддоны æрбакодтой æндæр ахæсты — Байа- ты Чермены. Чермен уыд бæгъæмсар, айдагъ мидæг- гаг хæдоны. Кæд бæгъæввадæй ныфсджын къах- дзæфтæ кодта миты, уæддæр тынг суазал ис. Чермен æмæ Ботъойы-фырт уаты кæрæдзимæ æнæдзургæйæ бакастысты, стæй се ’ргом аздæхтой урсыты штабы хицаумæ. Уый бадти стъолы уæлхъус. Ахæстытæм кæсгæ дæр нæ акодта, афтæмæй цавæр- дæр гæххæттытæ систа æмæ сæм кастис. Йæ алыварс бадтысты атаман Швидков, Алыкси, Бигъайы-фырт æмæ Мурат. Мурат стыр диссагæн дзырдта хицауæн Маргойы тыххæй, æвдыста йæм йæ хуызист æмæ æп- пæлыд йæхицæй. — Уый, афтечы кусгæйæ, сусæг æмбырдтæ арæз- та большевиктимæ. Иæ хæлæрттæ уыдысты мæнæ 147
Чермен, Орлов, Хадзымæт, Ботъоты Амырхан æмæ æндæртæ./. — Æмæ ныр цы фæци? — Цы фæуинаг уыд, уый фæци,—дзуапп радта Мурат худæндзастæй,— дысон æй семинары иу сын- тæджы бынæй раластой æмæ йæ быдырмæ акодтой. Салдæтты фыццаг æй фæкодтой уым, — балхынцъ,, кодта Мурат йæ ныхас. — Марго фæци, йæ къам ма баззад,— загъта хи- цау, Муратмæ хуызист дæтгæйæ.— Уый афтæ фæуæд, фæлæ номхыгъд æххæст у? — Нæу, дæ бæрзонддзинад, Марго, Хадзымæт, Сабаз, Псыма æмæ Бечмырзæ номхыгъды не сты. — Маргойы ма цы нымайыс?' Иннæтæм арвит, кæд сæхæдæг ам нал сты, уæд сæ ссарæнт сæ би- (нонтæ. Науæд сын сæхи æрцахсдзыстæм. Мурат фестад, хæстон салам радта æмæ цæхгæр фæзылди, стæй фæдзырдта: — Къулер! Гамбол! Иниæ уатæй рауад Гамбол. Чермен æм зына-нæ зына бахудт: Гамбол партизанты сусæг агеит уыд, уый Мурат цæмæй зыдта. Радта йæм пъавесткæтæ æмæ йын бафæдзæхста: — К/ьæнцылармæ партизантæ æмæ большевиктæ сеппæт дæр куыд æрцæуой, афтæ. Чи нæ æр’цæуа, уыдоны бинонтæ ахст æрцæудзысты. Афтæ сын æм- барын кæн. Хицау гæххæттытæм кæсын фæуагъта. — Сымах большевиктæй стут? — афарста Черме- ны æмæ Ботъойы-фырты. — О, большевиктæ стæм,— иумæ сдзырдтой ахæс- тытæ. — Ды Ботъойы-фырт дæ? — О. 148
— Чи у партизанты хисдæр? — Нæ зонын... — Рæмонаты Хадзымæты нæ зоныс? — Куыд нæ йæ зоны! — фæхъæр кодта Бигъайы- фырт.—Мæнæ Чермены, кæнæ Маргойы дæр нæ зоныс? — Нæ зонын... — Уæдæ сæм сусæг пакеттæ чи хаста Чырыстон- хъæуæй? Цас сты Дыгуры партизантæ? — Сырх партизантæ æмæ большевиктæ бирæ сты. Никуы сæ бадомдзыстут! — ныфсджынæй загъта Бо- тъойы-фырт. — Кæмытысты? Уый зæпь, æмæ дæ суаегъд кæ- нæм, — дзуры хицау, йæхи лæгъз ауагъта, афтæ- м,æй. Ботъойы-фырт ницуал загъта. Бамыр кодта йæ дзых, иннæрдæм аздæхти. Куы нал æй уагъта урс афицер, уæд йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, афтæ- мæй хъæрæй загъта: — Æз лæгмартимæ дзурын мæ сæрмæ нæ хæс- сын. Æз уыдтæн Кибиры-фырт æмæ Серебряковы от- рядты пырхгæнджытимæ! Сымахæн дæр уæ кæрон æрхæццæ, уый æмбарут!.. Хицау " фырмæстæй сырх-сырхид афæлдæхт. Иæ кардмæ фæлæбурдта, йæ къæхтæ сцагъта: — Акæнут æй, большевиктæ сæ сæрмæ кæм хæс- сынц дзурын, уырдæм! Хъазахъæгтæ Ботъойы-фырты акодтой. Хицау фæрсын рандыдта Чермены. — Ды комиссар дæ? Зæгъ, кæм сты де ’мбæлттæ? Ахуыргонд куы ’дæ, уæд цы сбастай дæхи большевик- тимæ? — Æз ницы зæгъинаг дæн! — Мæ бар æй бауадз, дæ бæрзонддзинад! — Би- 150
гъайы-фырт йæ бынатæй фестад.— Ехсæй йьгл куы æрцæуон, уæд дзурдзæн. — Ехс æй нæ хъæуы,—йæ ныхас баппæрста Му- рат дæр,— ауындзæн — йæ ехс. Фæлæ Чермен нæ фæтарст, ницæуыл сын басаст. Касти сæм сæрыстырæй. Урс хъазахъаг булкъон йæхи ныссау кодта, стæй æрæджиау загъта: — Иухуызон хуырым сты ацы болыневиктæ... Акæнут æй ахæстоимæ... Йæ зонд йæ бынатмæ куы æрцæуа, уæд радзурдзæн истытæ... Чермены акодтой ахæстонмæ. Уынджы фæзы ’рдæм куы фæзылдысты, уæд æм разынди Белогор- цевы хæдзар, сырхгвардионты штаб кæм уыд, уый. Хæдзары цур арæзт уыди ауындзæн. Ботъойы-фыр- тæн ауындзæны цур йæ хъуырыл бакодтой бæндæн. Ахæсты къубал бæндæн куы сæлхъывта, уæд ма сдзырдта: — Æз болыыевик дæн... Уæлахиз уæддæр ме ’мбæлттæ уыдзысты!.. ...Шкуройы бæхджын æфсад бырста Дзæуджы- хъæумæ. Хъазахъæгтæ сотнæгай фæндагыл ных- хал сты. Рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы сæ иуты зарын, сæ дзолгъо-молгъо не ’нцайы æппындæр. Æм- бисбон уыдаид, афтæ Æрхонмæ схæццæ сты. Алыкси æрынцади станицæйы кæрон иу æрдæг- хæлд хæдзары. Æрыдонæй куы раст кодтой, уæд ын Чермены йæ бар бакодтой, горæтмæ йæ схæццæ кæн, зæгъгæ. Æрхоны ахæсты хицæнæй уазал сарайы фæ- дардтой изæрмæ, стæй йæ æхсæвы Алыкси йæхæдæг цы хъарм уаты уыд, уырдæм бакодта. Кæрты уазал дымгæ кодта, бæлæстæй згъæлдысты миты фæлдзæгъ- дæнтæ. Пъолыл хъæмп тыд уыди, æмæ Чермен уым йæ сыд къæхтæ батыхта, афтæмæй иу фарсыл хуыс- 151
сыди къуымы. Кæрты дуармæ,,стæй мидæгæй тыргъы дæр хъахъхъæнджытæ лæууыдысты. Алыкси-иу рæс- тæгæй-рæстæгмæ мидæггаг, уатæй Чермены рæзты рацыди æмæ йын мынæг хъæлæсæй дзырдта: — Цæуылнæ лидзыс? Стырзæрдæ ма у! Алидз, цалынмæ уыцы цъаммар Карпо не ’рбацыд, уæдмæ. Чермены къухтæ уыдысты баст. Уазалæй ныкъ- къæдзтæ. Фæлæ йын уæддæр æхсæвы рудзынгæй ра- хизæн уыдис, уымæн æмæ хъахъхъæнджытæ фæл- мæстæй уазалы рæдзæ-мæдзæ кодтой... Чермен алидзынмæ йæ ныфс нæ хаста. Иæ зæрдæ дзæгæл ныфсытæй сайдта, «Дзæуджыхъæумæ куы ссæуæм, уæд мæ суæгъд кæндзысты», зæгъгæ. Стæй йе уæнгтæ дæр уазалы бандзыг сты... Бон æрбацъæх ис. Уынгæй уæрдæтты уынæр хъуы- сын райдыдта, сæ цæлхытæ митыл хъыс-хъыс код- той. Алыксийы отряд рараст ис Æрхонæй, йæ разæй вахмистр Карпо, афтæмæй. Алыкси ма йæхæдæг афæстиат ис станицæйы. Æрхоны сæрмæ сотнæ фæн- дагмæ бахызтис. Фæстейы цалдæр бæхы ластой сар- мадзан. Уалынмæ сармадзаны разæй фæци иу рог машинæ æмæ Алыксийы отрядмæ куы бахæццæ ис, уæд æрлæууыд. Машинæйæ иу афицер йæ сæр. ра- дардта, бакаст Чермены фæлурс цæсгоммæ, йæ рæ- сыд къæхтæм æмæ йæ былтæ зынæрвæссон счъил фæкодта. Уыцы афицер уыди штабы хицау. Карпо ’йын хæстон салам радта. — Йæ тæригъæды мауал цæут ацы большеви- кæн, —загъта штабы хицау. —Тухæн кæны. ч Ама- рут æй. Карпо цалдæр хъазахъагмæ фæсидтис. Цъыф фæцдагæй фæиуварс кодтой Чермены, стæй машинæ- йæ бидоны дзаг бензин рахастой. Бапырх дзы код- той кæттаг æмæ йæ баппæрстой Чермены æнæ худ 152
сæрыл. Уыйфæстæ йыл зынг бафтыдтой. Ныггуыпп ласта кæттаг Чермены уæлæ. Урсытæ кæл-кæлæй худтысты; хъæбатыр революцион комиссар судзгæ- судзын йæхи алырдæм æппæрста... — Нæ рæстдзинад никуы басудздзæн,— хъæрæй ма загъта Чермен æмæ æрхауд митыл... Отряды Джызæлы сæййæфта Алыкси дæр. Уый уыди расыг. Иæ бæхыл хъеллæуттæ кодта. Карпо йын куы радзырдта Чермены мæлæты хабар, уæд йæ нозт цыдæр фæци æмæ йæхинымæр загъта: «Уæн- гæл куыд банызтон! Цæуылнæ ссыдтæн раздæр!» Иæ зæрдыл æрбалæууыд Ахмæт, стæй хъæуы зæрæдтæ- Чермены сæрыл куыд дзырдтой, уый. «Æнæхатыр сты урсытæ... Куыд уыдзæн мæхи хъысмæт дæр, чи йын цы зоны... Вахмистр Карпойы ницы хъæуы туг æмæ фыдмитæ йедтæмæ... Фæлæ мæн, æвæццæгæн, æндæр фæндаг агурын хъæуы... кæд нæ байрæджы кодтон, уæд... Адæмы маст никуы байсысдзæн... Æз та адонимæ хъеллау кæнын»,— æнæрынцойæ зилдух кæнынц Алыксийы сæры мастæлгъæд хъуыдытæ... Шкуро бабырста горæтмæ. Æхсæв-бонмæ нæ бан- цадысты топпы гæрæхтæ, сармадзанты нæрын. Сырх- æфсæддонтæ, кусджытæ æмæ ма Иуæндæсæм æфса- дæй чи баззади, уыдон горæт бахъахъхъæныныл сæ -удтæ лæвæрдтой, фæлæ хъазуат хæсты цæхæры къад- дæрæй-къаддæр кодтой. Хæдзæрттæ, лазареттæ, рын- чындæттæ — суанг ма уынгтæ дæр седзаг баисты тифæй рынчынтæй æмæ цæфтæй. Алыксийы отряд æрæнцад Джызæлы. Райсом хъуамæ уыдон дæр араст уой Дзæуджыхъæумæ. Алыкси стыр уынджы бæлæсты аууон тигъыл слæу- уыд, йе уæнгты ризæджы хуызæн цыдæр бацыди: Чермены мæлæт ын йæ зæрдæ рæхуыста. æмæ йæ цæстытæ тартæ кодтой Карпойы мæстæй. Сфæнд 15а^
кодта комкоммæ бацæуын вахмистрмæ æмæ йæ ама- рын... Агуыридур хæдзары дуар бахоста. Ничи касти æддæмæ. Æрæджиау фæзынд иу зæронд лæг фæтæ- гены цырагъимæ. — Вахмистр ам ис? — бафарста йæ Алыкси. — Нæн ам. Изæры бæхтыл сбадтысты æмæ ацы- дысты кæдæмдæр. Алыкси зæронд лæгæн хæрзæхсæв загъта æмæ уынгмæ рацыди. Рудзгуыты бын та æрлæууыди. Иæ зæрдæ йæм дзуры: «Сайы мæ зæронд». Иæ хъус ба- вæрдта фæрсагыл. Мидæгæй йæм хъуыстис кæйдæр хуыфын. «Уый у, бæлвырд»,— дзырдта йæхиыымæр. Ссыгъдис йæ зæрдæ. Æмæ дуар куыд басхуыста æмæ уатмæ куыд бацыд, уый дæр нал æрхъуыды кодта. Наган йæ ронбастæй сласта æмæ йæ бамбæхста йæ дысы. Карпо, хуыссыди æмæ йæ хъæццулы бынæй кастис, тамако дымгæйæ. — Фæрсынмæ дæм æрбацыдтæн... Цæмæн фесæф- тай Чермены? Уыцы цæхгæр фарст стыр гуымирыдзинад фæкас- тис Карпомæ. «Æвæццæгæн, йæ сæр фæдзæгъæли!»— ахъуыдыкодта фыццаг Карпо. — Хæст æз æмæ ды нæ сарæзтам,— сдзырдта Карпо фæсусбын хъæлæсæй.— Хæсты алцы дæр вæй- йы. Цы йыл тыхсыс, дæ фыды фырт куы нæ у, мый- йаг! Большевик ма уай? — ныххудт Карпо. ’ — Большевик нæ дæн! Фæлæ дæм иучысыл хатыр цæуылнæ ис? Æгъгъæд ын нæ уыдысты йæ тухитæ?.. Судзгæ та ма йæ цæмæн бакодтай? Адæймаг нæ дæ? — йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди, афтæмæй ба- фарста Алыкси. Карпо бамбæрста Алыксийы уавæр, тас дзы ба- цыд æмæ фестон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йын 154 -
Алыкси наганы хъæдæй’йæ сæрыфахс ныххафт код- та. Лæг фæсур ис æмæ йын уыйфæстæ æнæхъæрæй бахæцыди йæ хурхыл. Вахмистр йæ уд систа. Алыкси йæхæдæг дæр хорзау нал уыд. Иу-цасдæр джихæй лæугæйæ аззад. Стæй йæ къух ахаста йæ ныхыл æмæ æрмæст уæд æрхъуыды кодта, йæ буар хидæй дон кæй фестади, уый. Райсомæй йæ отрядимæ Алыкси уыди Дзæуджы- хъæуы. Нæмгуытæ ма ихау згъæлдысты, фæлæ хæст фæци; уый æхстой туг æмæ нозтæй расыг салдæттæ. Горæт баци урсыты. Терчы республикæйы хица- уад рæстæгмæ йæхи айста Фæскавказмæ. Сырхæф- сæддонтæ, сывæллæттæ, зæрæдта* уæрдæтты кæрæ- дзийы фæдыл цыдысты Гуырдзыстоны æфсæддон фæндагыл. ...Иу стыр дыууæуæладзыгон зæронд хæдзарæй хъуысти расыг салдæтты зарын. Алыкси цæуылдæр йæ ^ъах скъуырдта, æрлæууыд, æргуыбыр кодта æмæ ауыдта мард сырхæфсæддоны, йæ фарсмæ сырх стъа- лыджын цъупп худ, уыди бæгъæввад. Дарддæр те- лыхъæды æнцой лæууыд æндæр сырхæфсæддон, йæ фарсæй туг калди æмæ митыл æнхъæвзти. — Фехс мæ! — сдзырдта сырхæфсæддон. — Фер- вæзын мæ кæн мæ тухæнæй... Удыбæстæ дын уы- дзæн... — Ма тыхс... Сырхæфсæддон ын йæ урс пъагæттæм дисгæнгæ бакасти. — Ды чи дæ? Урсытæй дæ? — бафарста цæф æф- сæддон. — Мæ пъагонтæм мын ма кæс... — Цы йæм кæсыс? Цæв æй! фæхъæр кодта иу урсгвардйоп, Алыксийы чъылдыммæ алæугæйæ. — Адонæн хатыр нæ хъæуы. Сæ мыггаг скъуынинаг 155
у! — загъта ма урсгвардион æмæ сырхæфсæддоны ныхыл топп фæкодта.— Ахæмты мæт дæр кæныс... Уæлæ кадетты корпусы лазаретæй мах абон мин- гæйттæ ракалдтам миты рагъмæ болыиевиктæи æмæ сырхæфсæддонтæй... Мæрдтытæ, тифæй рынчынтæ... Салдат йæ ныхас нал фæци — Алыксийы наганы нæмыг ахызт йæ риуы æмæ афæлдæхт. Гæрæхтæм расыг салдæттæ ракалдысты уынгмæ. Се ’мбалы йæ туджы мæцгæ куы ауыдтой, уæд сæхи ныццавтой Алыксийыл.. Райсомæй Алыксийы мард дæр иннæ мæрдтимæ уæрдоны баппæрстой æмæ сæ горæтгæронмæ алас- той. ПАРТИЗАНТÆ 1 Изæрдалынгты Бечмырзæ бацыди Гагитæм. Ха- дзымæты фыд ’ ныр царди Ногхъæуы, Тæргайдоны был. Фыццагау архайдта цыдæр фæйнæджытимæ, амадта сывылдз хъæдтæ, арæзта цалхы дæндæгтæ. — Сæфт, кæцæй фæзындтæ? — йæ кусын фæуадз- гæйæ, загъта Гаги æмæ райста Бечмырзæйы къух. Уазæг ын фæдзырдта йæ балцы хабæрттæ, радзырд- та йын, съезды цы федта æмæ цы фехъуыста, уыдон. Гагийы зæрдæ нæ барухс Бечмырзæйы ныхæстæй. Рагæй кæмæ бæллы, уыцы сабыр, дзæбæх цард та цыма адард ис, афтæ йæм касти æмæ æнкъардæй бацыди хæдзармæ. Иæ фæстæ бахызт Бечмырзæ дæр. Бинонты къорд уыдис æфхæрдхуыз. Цалдæр бо- ны размæ Гæлæу ацыд Хадзымæтмæ Дыгуры Сау хъæдмæ. Георги дæр арæх цæуын райдыдта цавæр- дæр сусæг æмбырдтæм, фæлæ ныр, йæ фыды тар 156
дæсгоммæ кæсгæйæ, ныхъхъуси. Леска хуыссы фал- лаг уаты, гом дуарæй зыны йæ фæлурс, низдомд цæсгом. Чындз пецы цур æхсæвæр цæттæ кæны. — Чындз, исты нын авæр,— загъта Гаги, стæй ныллæг бандæттыл куы ’рбадтысты, уæд бакаст Лес- камæ. Хадзымæты тифæй рынчынæй хъæдмæ куы аластой, уæд Леска уый мæтæй нал сыстад. Иæ лæп- путы маст, тынгдæр та Хадзымæты адæргæй, бонæй- бонмæ тади цырагъау. Йæ цæстыбынтæ æхсæвæй- бонæй никуы басур сты. — !Мæнæ кæсыс? — йæ чыссæйæ иу гæххæтт сис- таТаги æмæ-йæ радта Бечмырзæмæ.— Ацы гæххæтт мæм абон къулер радта. Хъæдмæ чи алыгъди, уыцы партизанты фыдæлты ^ахсынц урсытæ. Æмæ мæнæн уæлдай нал у... Мæ цард фæци, фæлæ ма æгас чи баззайа, уыдоны мæт кæнын... — Ма тæрсут, Гаги, фыд бон æмæ фыд лæг бирæ нæ хæссынц... Æз цæуын Хадзымæтмæ,—загъта Беч- мырзæ æмæ Гагийы гæххæтт амбæхста йæ цухъа- йы бæрцы. — Арæвдз кæн, чындз, цырддæр, кæд исты æр- витыс, уæд. ’— Æхсæвыгон куыд цæуыс?! — Гаги, æхсæв рагæй у ме ’мбал,— загъта Беч- мырзæ.—Мæнæн Бигъайы-фырт мæ Очкойы1 куы байса, уæд æз усы кæлмæрзæй æркæндзынæн... Гаги ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ уалын- мæ чындз хордзентæ æрæвæрдта Бечмырзæйы цур. Иукъорд минуты фæстæ уазæг сыстади, ныфсытæ авæрдта зæрæдтæн, Гагийы къух райста æмæ мæй- дар æхсæвы фæныгъуылд... 1 Бечмырзæ афтæ хуыдта, бирæтæ йын кæмæ хæлæг кодтой, йæ уыцы хъал саргъы бæхы. 157
Мартъийы фæстаг миты гæбынатæ хъæды къуыл- дымтыл уалдзыгон хурмæ тадысты. Изæрæй та уа- зал мигъ бадтис æмæ халас æвæрдта. Лæгæты цур стыр дурты аууон сыгъдис арт æмæ йыл <æрхуы цуайнаджы фыййæуутæ фыхтой æхсæвæр. Арты фарсмæ бадтис цалдæр партизаны. Чысыл дард- дæр, къуылдымтыл, акъоппыты бадтысты се ’мбæлт- тæ. Æнцад уыди уæтæрты. Æрмæст-иу стæм хатт рог дымгæ æрбахаста куыйты рæйын. Бечмырзæ æрæ- вæрдта йæ хордзентæ, систа дзы дыууæ фых карчы„ чъиритæ æмæ дурыны дзаг арахъ. _ — Уыдон дын Леска æрбарвыста,— загъта Беч- мырзæ Хадзымæтæн æмæ йæ бæрцы агъудæй систа, Гаги йæм цы гæххæтт радта, уый. Хадзымæт æй райста, бакасти йæ æмæ йæ цæстытæ зæХмæ æр- уагъта, — æнтъыснæг хъуыдытæ атыхстысты йæ зæр- дæйыл. Гæххæтты фыст уыди: «Къуырийы æмгъуыд- мæ дæ фырты куы нæ æрцæуын кæнай хъæдæй, уæд дын дæхи æрцахсдзыстæм»... — Леска хъæрзгæ у... Фæлæ йын ницы тас у,— бафтыдта ма йæ ныхасыл Бечмырзæ, йе ’мбалæй йæ маст цæмæй айрох уа, уый тыххæй. — Бигъайы-фырт афтæ ма æнхъæлæд, æмæ йæм дард дæн,— æрæджиау сдзырдта Хадзымæт, æмæ ар- ты рухсмæ ферттывтой йæ цæстытæ. Стæй та хъуы- дыты ацыди. Партизантæ йæм алы хъæутæй хабæрт- тæ хастой, æмæ уавæр тыиг зын кæп у, уый æмбæрс- та. Цаутæ кæрæдзиуыл баста æмæ арæзта сæ дард- дæры тохы пълантæ. Хадзымæт зыдта, урсытæ Ды- гурмæ алырдыгæй ныббырсынмæ кæй хъавыпц, уый, æмæ йе ’мбæлттæн куыд феххуыс уа, ууыл сагъæс кодта. — Нæхуыдтæг ныббырсæм урсытæм, цалынмæ нын 158
нæхи нæ ньщъцъист кодтой, уæдмæ,—сдзырдта пар- тизан Мысост. 4 — Тагъд кæнын пæма хъæуы,— загъта Хадзы- мæт.— Цæмæй знагмæ ныббырсæм, уый тыххæй раз- дæр базонын хъæуы, кæмыты æмæ цас сты йæ тых- тæ. Чермен нал ис... Цæголты Георги, Амырхан, Ги- бизы-фырт æмæ Гостийы-фырт Гуырдзыйы ’рдæм ацыдысты... Фæлæ иунæг не стæм... Киров æмæ Ор- джоникидзе немæ сты, тагъд ам уыдзысты... Мах та уал нæхи фидардæр сбæттæм Æхсæрысæр, Цьгкола æмæ Чырыстонхъæуы партизантимæ. Разы стут? — афарста Хадзымæт йе ’мбæлтты. — Разы стæм, — æмхъæлæсæн загътой парти- зантæ. Партизантæ сæ фæнд куы баиу кодтой, уæд сæхи лæгæтмæ байстой. Æрмæст ма дыууæ хъахъхъæнæ- джы баззадысты штабы цур. Уыди æнафон. Саухъæ- ды сæрмæ мигъты скъуыдтæй йæ цалхыдзагæй фæ- лурс мæй скасти. 2 Апрель. Фæхъармдæр ис, бон фæдаргъдæр. Хъæ- ды бæлæстыл сыфтæр фæхæцыди. Æрдз райхъал, Мæргътæ алыхуызон хъæлæстæй зарыдысты. Хадзымæт хъæутæм арæхдæр æрвитын райдыдта сгарджытæ æмæ йæм ногæй-ногмæ хастой хабæрттæ. Фæлæ Бесæгъуыры-фырт. Бечмырзæ æмæ Мысостæй. иицы хабар уыди æмæ тарстис, кæд зиæгты къухмæ бахаудтой, зæгъгæ. Сæ фæдыл сын Чырыстонхъæу- мæ Дзыбыртты арвыста, Æрыдонмæ та Гæлæу æмæ Цсымайы. Партизанты комапдир зын базонæн сси, афтæ тынг аивта йæ хуыз: йæ цæсгом фæлурс, йе стыр 160
цæстытæ бахаудтой, йæ сау зачъетæ æрдаргъ стьь Бирæ сахæттæ æрвыста штабы, кæнæ искуы бæласьг бын, алы хъуыдытæ кæнгæйæ. Мæнæ ныр дæр рай- сомы хуры хъарммæ, лæгæты цур цъæх сыфтæрджын æхсæр ^бæласы бын æрбадти æнкъардæй. Хъуыдыты\ „ацыди. Цы цаутæ хъуыста алы хъæутæй, уыдонæй зæрдæ нæ рухс кодта. Партизанты алыварс цæхæр цыренæй-цырендæр кæны, æмæ къæрцхъус уæвын хъæуы. Æмæ ма ахæм тыхст сахат ноджы хъæуæй Хадзымæт райста уæззау хабар,— йæ ныййарæг, йе схъомылгæнæг уарзон мад Леска амарди. Хадзымæ- ты зæрдæ суынгæг, маст фыхти йæ риуы,— фыды- знæгты аххосæй цардхъуагæй фæзиан йæ мад. Æ.мæ цал æмæ цал мады зæрдæйы скъахтой, цал æмæ цал æнаххос адæймаджы барвыстой лæгсырдтæ мæрд- тæм! Нæй, никуы ис ныббарæн не знæгтæн адæмьг тухитæ! Хадзымæт рог фестад йæ бынатæй, фæрасти бæ- лæсты бынты, азылди къуылдымтыл, федта парти- занты фидæрттæ. Алкæмæн дæр ныфсытæ æвæрдта, разæнгард сæ кодта революци бахъахъхъæиыны сæ- раппонд тохмæ. Штабмæ куы æрбаздæхтис, уæд йæ цуры алæууы- дысты Дзыбыртт æмæ Псыма. Сгарджытæ уыдысты цъыфæйдзæгтæ. Сæ даргъ зачъетыл, æнæдаст хъуын- джын рустыл дæр уыди цъыфы муртæ. Се ’нгас уы- ди фæллад æмæ тарст хуыз. — Æвзæр у хъуыддаг... — загъта Хадзымæтæн Дзыбыртт. — Æрбадут æмæ цы хабар ис, уый радзурут,— загъта Хадзымæт сабыр хъæлæсæй. — Бесæгъуыры-фырты нал ссардтам. Куыд дзу- рынц, афтæмæй урсыты къухтæм бахауди,— дзырд- та Дзыбыртт.— Урс бирæгътæ Чырыстонхъæуы рын- 11 Хадзымæт 161
чынæй æрцахстой Георгийы æмæ йæ ныххуынчъытæ кодтой джебогътæй. — Уый та куыд?! — джихауæй аззадис Рæмоны- фырт. Дзыбырттæн йæ цæстытæ’ доны разылдысты, аф- тæмæй дзырдта: , —, Чырыстонхъæумæ фыццаг æркодтой Апшероны полкъæй иу ротæ. Уыцы ротæ йæхи уацары куы рад- та, уæд инæлар Ляхов фехъусын кодта, Чырыстон- хъæу пырхгонд куыд æрцæуа, афтæ. Урсытæ 29 ап- релы бырстой алырдыгæй. Мурат æмæ Бадæгæн æрæмбырд кæнын кодта хъæуы адæмы: бакæсут, дам, сын нæ домæнтæ. Кæд æмæ, дам, æртæ сахаты æмгъуыдмæ нæ домæнтæ æххæстгонд не ’рцæуой, уæд, дам, инæлар Деникины дзырдмæ гæсгæ, Чы- рыстонхъæуы дур дурыл куыд иæ уал баззайа, афтæ бакæндзыстæм, зæгъгæ. Инæлар домдта, цæмæй хъæ- уы цæрджытæ урсытæн радтаиккой иу мин путы хор, фондз сæдæ бæхы æд сæргътæ, фондз мин топ- пы æртæ милуан гилдзимæ. Уымæй уæлдай ма уыдо- ны къухтæм хъуамæ радтой 400 партизаны. Адæм уыцы домæнтыл куы нæ сразы сты,уæд фыд-зæрдæ Вадбольский дзырд радта æмæ сармадзантæй æхсын райдыдтой хъæу. Адæм стырæй-чысылæй сæ ис-сæ бон ныууагътой æмæ хъæуæй лыгъдысты. Æнæбон зæронд лæгтæ, устытæ дзидзидай сывæллæттимæ — дыууадæс мин- адæймаджы бæрц æрæмбырд сты хъæугæрон обауы цурмæ. Тæрк къæвда уарыди. Лидз- джытæ æххормагæй, ’ уазалæй тыгъд быдыры тухæн- тæ кодтой дыууæ боны. Æртыккаг бон сын бар рад- той. Æрыдонмæ æмæ иннæ хъæутæм ацæуынæн... » Урс бандæтæ, джигул кæныны æфсон, зылдысты хæдзæрттыл. Стур, бæх, хор, уæрдон кæнæ бричкæ, хæдзары дзаума, хуыссæнгæрзтæ, уæлæдарæс никуы- 162
уал ныууагътой. Афтæ зилгæйæ, Цæголты Георгийы дæр рынчынæй ссардтой иу хæдзары. Ракодтой йæ æмæ йæ джебогътæй нудæс хуынчъы ныккодтой...— фæцис йæ ныхас Дзыбыртт æмæ арф ныуулæфыди. Хадзымæт хъуыста æгомыгæй, ницуал фæрæзта дзурын, джихæй касти. Æрæджиау, сусæгæй дзурæ- гау, ба’фарста: — Æрыдоны та куыд у хабар? — Хуыздæр нæу уым дæр: Бигъайы-фырт ахсы адæмы, стигъы. Бечмырзæ æмæ Мысосты дæр æр- цахста,—дзуапп радта Псыма. Дзыбыртт æмæ Псыма зын фæндæгтыл ацыды- сты, сæхи цæстæй федтон урсыты æбуалгъ митæ. Адæмы тухитæ сæ лзæрдæтæм арф кæй айстой æмæ сæ риуты æнæкæрон маст кæй сæвзæрдис, уый 6æ- рæг уыд сæ фæлладхуыз цæсгæмттæй, сæ æнкъард ныхасæй. Хадзымæт æмбæрста партизанты зæрдæйы уаг. Фæлæ сын цæмæй фæрогдæр кæна сæ маст? Иæхи- цæн дæр æнцондæр нæу. Йæхицæн дæр йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл хойы. Æрмæстдæр тохы, карз тохы байсысдзæн сæ маст, æрмæстдæр фидарзæрдæ революционер фæуæлахиз уыдзæн зындзинæдтыл. Уый хорз зоны Хадзымæт æмæ загъта: — Ма тæрсут, æмбæлттæ! Хæст æнæ туг нæ вæй- йы. Нæ туг лæвар нæ фесæфдзæн... — Тæрсгæ нæ кæнæм, фæлæ урсытæн ардæм дæр æнæ цæугæ нæ уыдзæн,— дзырдта Дзыбыртт. — Уый бæлвырд у... Æмæ мах сæ размæ нæхуыд- тæг ацæудзыстæм, — загъта Хадзымæт æмæ сыстад йæ бадæнæй. Хуыссæг нал хæцы партизанты штабы хицауыл. Арæх фесты йæ лыстæнæй. Къуылдыммæ ацæуы æмæ 163
мæйрухсы бирæ фæкæсы быдыры хъæуты ’рдæм. «Пар- тизантæ хъахъхъæнынц æрбацæуæнтæ,. фæлæ знаг мæнгард у æмæ цы афон фæзыыдзæн, уый зын зæ- гъæн у. Сгарджыты ныхæстæ та раст сты — абон куы нæ уа, уæддæр сæ райсом ардæм хъæуы. Уавæр пар- тизантæй сусæг кæнын ницæмæн хъæуы. Хъуыддаг хорз куы зоной, уæд фидардæр уыдзысты»,— дзырдта йæхинымæр Хадзымæт æмæ къордмæ фæсидти. — Æз уæм фæсидтæн, æмбæлттæ, цæмæй уын фехъусын кæнон, тас сахат кæй у, уый. Знаг нын ба- цахста нæ хъæутæ... Нæ бинонтæй, нæ хотæй нын хынджылæг кæны. Нæ хуыздæр æмбæлттæй нын би- рæты амардтой, Бечмырзæйы, Мысосты æмæ ноджы бирæ æндæрты та ахсгæ æркодтой. Æхсардзинад хъæуы! Рæхджы Киров æмæ Орджоникидзе се ’фса- димæ сбырсдзысты. Шкуройы æмæ Вадбольскийы бйрæгътæн сæ кæрон æрцæуы... Ахæм фæнд мæм ис, æмæ нæ адæмы уæйгæнджытæ Хабайы-фырт æмæ Бигъайы-фырты æрцахсæм æмæ сæ удæгасæй æрба- кæнæм ардæм. Уыдон бирæ фыдбылызтæ аразынц адæмæн. Æмæ сын сæ отрядтæ æнæ хицау куы фæ- кæнæм, уæд дзы бирæтæ сæ хæдзæрттæм ацæудзы- сты, стæй, æнæфыййау фосау, сæ бон нал уыдзæн партизанты фидар отряды ныхмæ хæцын...— Хадзы- мæт йæ хъуыдытæ сеппæт нæ загъта. Уый зæрды уыди ахст булкъонты уыйфæстæ сæ отрядты ныхмæ спайда кæнын дæр.— Мемæ ацæуыныл разы чи у? — афарста йе ’мбæлтты. — Æз! —загъта Псыма. — Æз дæр! — сдзырдта Дзыбыртт. — Æз дæр! Æз дæр!—хъуысынц альфдыгæй п^р- тизанты хъæлæстæ. ~, Уыцы судзаг ныхæстæн цыма дзуапп лæвæрдтой хæхтæ æмæ хъæдтæ, уыйау уалдзыгон дымгæйæ ба- 164
рызтысты, къуырма уынæр скодтой къуылдымтæ, бæ- лæстæ сæ сыфтæртæ бацагътой. Æвиппайды хъæды сæрмæ фæдисы гæрæхтæ фæ- цыди. Ссыгъдысты ракетæтæ æмæ ныррухс кодтой лæгæты къултæ. — Гæрзтæ райсут! — фæхъæр кодта Хадзымæт. Партизантæ фæлæбурдтой сæ гæрзтæм.— Мæ фæдыл! Партизантæ акъоппытæй аппæрстой сæхи. Хадзы- мæт лæугæйæ аззади. Æхсæрысæры къуылдымтыл гæрæхтæ сарæх сты. Æхстой пулеметтæй æмæ сар- мадзантæй. Хадзымæт бамбæрста, иартизантыл алы- рдыгæй кæй æртыхстысты урсытæ. Хъæд нæмгуыты цæхæртæй судзæгау кодта. Сармадзаны нæмыг-иу сыф-сыфгæнгæ æрбацæйтахти уæлдæфы, бæлæсты хи^тæ цæгъдгæ, æмæ-иу æввахс искуы йæ тъæпп фæ- цыди. Гæрæхтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой. Хадзымæт лæгæты къулæй райста фондзæхстон. — Ма ацу, Хадзымæт! Тæссаг у!—дзырдтой хъахъхъæнджытæ. Хадзымæт сын ницы дзуапп радта, афтæмæй гæ- рæхтæ кæцæй цыдысты, уыцы пыхсмæ йæхй бап- пæрста: Хæст тынгæй-тынгдæр кодта. Урсытæ æввахс ба- цыдысты къуылдыммæ. Хадзымæт ауыдта дыууæ хъа- захъаджы. Уыдон æхстой пулеметтæй партизанты фидæрттæм. Партизан Æхсары пулемет та хъусæй лæууыди æмæ йæм Хадзымæт мæсты кодта. Фæлæ урсытæ хъæды арф куы бацыдысты, уæд Æхсар сæ чъылдыммæ батылдта пулемет æмæ сыл нæмгуытæ нызгъæлдта их уарæгау, сæ фæстæмæ ацæуæнтæ сын сæхгæдта. Уæд партизантæ фæстæты атакæй бацщ- дысты. Æхсар карста знæгты æмæ уæлдай кадджын- дæр уыди ныр Хадзымæты цæсты. Уалынмæ дыууæ 165
хъазахъаджы бæлæсты аууонæй Æхсармæ ныд- дардтой сæ топпытæ. Уый ауыдта Хадзымæт æмæ сæ иуы къæбутыл авæрдта наган. Хъазахъæгтæ сдард- той сæ къухтæ. — Фехсæм сæ,— загъта Дзыбыртт. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Георгийы куыд * амардтой, уый. — Нæй! Тагъд ма кæн. Сæ гæрзтæ сын райс æмæ сæ штабмæ акæн. Партизантæ хъæбатыр æмæ арæхстджын тохы ба- цыдысты урсыты ныхмæ, æмбæхст рæттæй сæ æхстой æмæ лæбурджыты рæнхъытæ тæнæгдæр кодтой. Урсытæ нал баурæдтой партизанты атакæтæ æмæ аздæхтысты. Æхсар дыууæ уацайраг хъазахъаджы акодта штабмæ. Хадзымæт баздæхти пыхсмæ, партн- зантæм. Фæлæ уыцы æхсæв урсытæ нал фæзынды- сты. , Бон æрбацъæх. Партизантæ сæ цæф æмбæлтты хастой уæтæрмæ: иуæндæсы бæрц баисты, дыууæ та дзы мард фæци: худаг Асæх æмæ пулеметæйæхсæг Æхсары хæлар Бибо. Фæхъыг сыл кодтой, стæй сын лæгæты раз скъахтой ингæнтæ æмæ сæ баныгæдтой. Хадзымæт цæфтыл куы фæзылди, уыйфæстæ ба- цыди штабы цурмæ. Адæмыл йæ цæст куы ахаста, уæд йæ зæрдæ барухс,— уыйбæрц никуыма уыдысты партизантæ: чысыл отряд цыбыр рæстæгмæ револю- цион фæсивæдæй стыхджын. Хадзымæты зæрдыл æр- балæууыдысты уацайрæгтæ æмæ сæ цурмæ бацыд. Уыдон тарст хуызæй кастысты партйзанты хицаумæ, фæлæ чысыл фæстæдæр фæныфсджындæр сты. «Сырх командир æмæ йæ партизантæ дæр махæй хуыздæр уавæры не сты: фæллад, сæ дарæс чъизи. Æвæццæ- гæн, куы хæрдджын, куы æххормаг. Сæ бинонты, сæ райгуырæн хæдзæрттæ ныууагътой æмæ тох кæнынц, сæ бартыл мæлынц,— цыма афтæ хъуыды кодтой, 166
уыйау зынди, .æмæ сæ Хадзымæт куы бафарста, цæ- мæн систат топпытæ уæхи хуызæн мæгуырты ныхмæ, зæгъгæ, уæд сæ иу загъта: — Нæхуыдтæг дæр разы не стæм Деникинæй. Нæ иуы ракодтой Кубанæй, иннæйы — Змейкæйæ. Ба- фæлладыстæм хæстытæй. Тыххæй нæ кæнынц æфсад- мæ. Нæ бинонты къорд азы нал федтам. Ноджы. нæ фехстой дæс æмæ ссæдз хъазахъаджы. Уыдон уы- дысты Змейкæйæ. Сыстадысты урсыты ныхмæ Чы- рыстонхъæуы. — Фæнды уæ махимæ баззайын? Хъазахъæгтæ ахъуыды кодтой. ;— Стыр хорз уаид,— загъта сæ иу, йæ цæсгом фæрухс кæнгæйæ... — Уæдæ махимæ баззайут æмæ урс бандæты дæ- рæн кæнæм. Псыма, истæмæйты сæ хорз фен! — дзырдта штабы хицау, стæй партизантæн загъта: — Фæуæлахиз стæм абон, фæлæ нæхиуыл хъуамæ ма фервæссæм... Тох кæнын ма нæ бирæ хъæуы. Псыма æмæ ма иукъорд партизаны мемæ ацæудзысты Æры- донмæ Бигъайы-фырты æрцахсынмæ. Иннæтæ та ам баззайдзысты Дзыбырттимæ... Хадзымæт сæ хæдзары кæртмæ бахызти. Мæйрухс æхсæвы цæхæрадонæй фæткъуы бæлæстæ, балтæ æмæ чылауитæ аууон æппæрстой тыргътæм æмæ хæдзары сæрмæ... Кæрты къуымты разылди. Риссы йæ зæрдæ. Йæ уарзон мад æм нал рауадис худгæйæ, цингæн- гæ. Нал ис Леска... Никуы абадтис йæ разы æнцадæй тохы бонты. Иæ царды тыхст заманты йын ныфсытæ никуы авæрдт’а. Æнæхатыр цагъайраг цард дæр ын нæ бауагъта амонд ссарын бинонты æхсæн. Хадзы- мæт бахызти тыргъмæ. Йæ къæхты хъæрмæ йын ра- уади æнæ худæй æмæ ронбæгъдæй йе ’фсымæр Ге- о’рги^ Ныхъхъæбыс кодта й,æ хисдæр æфсымæрæн. 167
Хадзымæты фæрстæ йæм æндонау хъæбæр фæкасты- сты: йæ цъæх цухъайы бæрцагъудтæ æмæ йæ рон- баст седзаг уыдысты гилдзытæй. Уый æддейы роны, хъамайы сæрмæ, тъыст уыди дыууæ наганы. Георги мæйрухсмæ цæстысыгтæ куы ауыдта йе ’фсымæры фæлурс, хурсыгъд, мæллæг уадултыл, уæд дыууæйæ дæр сæ мадыл фенкъард сты. Георги райста Хадзы- мæты уæхскæй фондзæхстон, нымæт æмæ бахызты- сты уатмæ. Уат уыди стыр, сыгъди дзы фæтæгены цырагъ. Иу къуымы Лескайы æфсæйнаг сынтæг, йæхæдæг Германы хæстæй цы тæнæг цъæх хъæццул схаста, уымæй æмбæрзт. Йæ фарсмæ Гагийы рагон хъæдын сынтæг. Ууыл кæддæр хуыссыдис Хадзымæты чехот- кæджын æфсымæр Гæбæци. Ныр дыууæ дæр ная сты. Базы бынæй зынди Георгийы фондзæхстон топп. Хадзымæт хæдзары къæсæрæй куы бахызти, уæд дзыхълæуд фæкодта. Иæ бакомкоммæ уаты астæу, даргъ стъолы цур, бадти уæгъд куырæты йæ урссæр æмæ урсзачъе фыд Гаги æмæ фæрæты хъæд амадта. Фыд нал базыдта йæ фырты. «Гæбæр урсытæй та’ чидæр у», зæгъгæ, ахъуыды кодга йæхинымæр. Фæ- лæ уыдон дæр а фæстаг бонты фæсабыр сты. Зæронд лæг йæ кард æмæ фæрæты хъæд æрæвæрдта стъо- лыл. Сыстад æмæ дыууæ пыхцыл æрфыджы бынæй æдзынæг ныккасти æрбацæуæгмæ. Хадзымæт æнхъæлдта, уæдæ та йæ Гаги фыцца- гау бафхæрдзæн, смæсты йæм уыдзæн æмæ йæ «ма- гуса», «’ЭРнæхæдзар» схондзæн. Фæлæ Георги куьг сдзырдта, Гадзымæт у, зæгъгæ, уæд ыл фыд йæхи сывæллонау баппæрста, ныхъхъæбыс ын кодта, стæй йын йæ фæтæн уæхскыл æрæвæрдта йæ ризгæ къух æмæ загъта:
— Цæстæй хорз нал уынын.- Чи ма уыд æгас æн- хъæл дæуæн дæр... Дæ мад дæр фæци... Цы гæнæн ис... Раздахæн ын нал ис. Цы ма у дæ хъыг... Сыгъ- дæг Тæтæртуппы уый бафæндæд, æмæ ма чи баззади, уыдон сæрæгас уæнт. Гаги-иу кæд мæсты кодта Хадзымæтмæ, уæддæр йæ лæппуты хуыздæры бирæ уарзта зæрдæйæ æмæ уыцы уарзондзинад ныр тыхджындæр кæй ссис, уый бæрæг уыд. Æрбадтысты æмæ бирæ куы фæдзырд- той, уæд ма Гаги загъта: — Мæнæн уыдис дыууæ царды — иу цагъар, æна- монд цард, хорз цы у, æвзæр цы у, уый куы нæма æмбæрстон, уæд; дыккаг,—сымах цы цардмæ тыр- нут, уый — хорз æмæ æвзæр цы у, уый мын чи бам- барын кодта, зæхх нын кæй фæрцы радтой, уыцы цард...— фæурæдта йæ ныхас Гаги. Чындз стъолыл , æрæвæрдта уæлибæхтæ æмæ арахъ. Георги та цæхæрадонæй æрбадавта хъæ- дындзтæ. Хадзымæт Лескайы сау сæгхуыз скъапмæ бирæ фæкасти æмæ æрымысыд, чысылæй-иу скъола- йы кæсгæйæ уыцы скъаппæй кæрдзынтæ куыд хаста, уый. Кæд-иу дзы Леска хорз хæринæгтæ — цæхæра- джынтæ, къабускаджынтæ кæнæ картофджынтæ ба- вæрдта, уæд-иу æй Хадзымæт йæ худынæй базыдта. Æхсызгонæн æмæ хъыг кæнгæйæ мысыди ныр йæ са- бийы бонтæ Хадзымæт. Фæлæ йын Гаги йæ хъуыды- тæ фескъуыддзаг кодта. Фыд акуывта æмæ йæм нуа- зæн авæрдта. Фыццаг хатт радта Гаги йæ фыртмæ нуазæн. Гаги йæхи хуызæн нал у,— хъуыды кодта Хадзымæт. —Ануаз æй æмæ дæ фæллад ссæуа,— дзырдта фыд. Хадзымæт æхсызгонæн анызта Гагийы къухæй нуазæн æмæ фынгмæ æрæвнæлдта. 169
— Ды мæ, баба, фæрасыг кæндзынæ. Хъæды мæ афтæ буц нæ дардтой,— загъта Хадзымæт, йæ фыд та йæм агуывзæ куы бадардта, уæд. — Хъæд хицæн у... Хабæрттæ зондзынæ дæхæ- дæг... Чермен... Хадзымæт зоиыны тылд бакодта йæ сæр, æмæ Гаги ницуал загъта. . — Кæм сты булкъон Икъайы-фырт æмæ Бигъа- йы-фырт? — Уы’дон дæу агурæг ацыдысты Дыгурмæ... Æгайтма ам дæ,— æхсызгонæн сдзырдта Гаги, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Раст мæхæдæг дæр ацы зæрондæй топп райсдзынæн æмæ сæ куыдзы мард акæндзынæн... Мæ цард уæддæр ницуал у... Сыма- хæй ма кæдæм фæхауинаг дæн?!. Хадзымæт йæ хæрын ныууагъта, йæ фыды ныхæс- тæм æхсызгонæн хъуыста æмæ дисы бацыди, Гагпйы зонд куыд аивта, ууыл. — Киров æмæ Орджоникидзе тагъд хъуамæ ам уой... Æз дæр ардæм мæ ныфс тынгдæр уыдоны фæр- цы æрбахастон... Сырх Æфсад ссæуы... — Ам дæр уæдæ хуымæтæджы не ’рæмбырд сты партизантæ,— загъта Георги. — Уæхи бахъахъхъæнут,— йæ сынтæгмæ бацæу- гæйæ, фæдзæхста Гаги.— Фæллад дæ, Хадзымæт, æмæ ныххуысс. — Хуыссæн конд у,— уайсадæн хъæлæсæй загъта чындз Георгийы хъусы... Хадзымæт бацыди иннæ уат- мæ Георгиимæ. Иæ фыдæн не схъæр кодта йе ’рцы- ды нысан æмæ ныр уаты хуыссæныл йæхи куы ’руагъта, Георгиимæ иунæгæй куы аззади, уæд æй афарста: — Кæм ис Ахмæт? — Ам ис. 170
— Дæхæдæг æй никуы федтай?.. — Æз æрæджы æрбацыдтæн Заманхъулы парти- зантæй. Уырдæм 10-æм июлы писмо æрбафтыди Ор- дзоникидзейæ. Æз æй дæумæ арвитинаг уыд- тæн... *— Кæм ис писмо? Георги йæ йæ риуыдзыппæй сласта æмæ йæ радта Хадзымæтмæ. Уым бакастис: «Фидар бастдзинад дарут æппынæдзухæй хæххон адæмтимæ. Большевикты ацыд рæстæгмæ у æмæ уæ фидарæй уырнæд, фæстæмæ уæлахизимæ кæй сыз- дæхдзысты, уый. Хæххон адæм сæ фидар иузæрди- ондзинад ма фехалæнт Советон хицауадыл æмæ баззайæнт революцийыл хъæбатыр тохгæнджы- тæй». Писмойы ныхæстæ ахъардтой Хадзымæты уæнгты, стыр ныфс дзы бацыди. Уæлдай æхсызгон ын уый уыди, æмæ писмойы апп йæхи хъуыдытимæ иу кæй кæны. Хæххон адæмтæ урсытæй сфæлмæцыдысты, се *нæуынон у цагъайраг цард. Революцион фæсивæд, фæллойгæнæг хъазахъ сæхи цæттæ кæнынц сыр- хыты схæццæмæ æмæ ахъаззаг тох кæнынц контрре- волюцийы ныхмæ. — Темболаты партизантæ Бигъайы-фырты фæ- тардтой æмæ Заманхъулы сæвæрдтой ревком,— загъ- та Георги. — Цы дын æй сусæг кæнон, мах дæр хъуамæ Æрыдоны саразæм ревком. Уый тыххæй нæ нæ тых- тæ сæмбырд кæнын хъæуы. Хабайы-фырты æмæ Би- гъайы-фырты æрцахсдзысгæм... Уæдмæ Сырх Æф- сад дæр схæццæ уыдзæн. Тыхсгæ ма кæн, Георги, адæм нæ фарс сты. Æрмæст райсом сбæрæг хъæуы, Хабайы-фырт кæм уыдзæн, уый. 171
3 Рæстæг цыди карз тохты. Сæрдæй бирæ нал баз- зад. Бæлæсты сыфтæртæ, халсартæ чысыл фæбур сты. Мæнæутæ æркарстой. Нартхæртты сыфтæ сы- бар-сыбур кодтой... Хадзымæт сæхимæ стæм хатт цыди æхсæвыгæтты. Фылдæр-иу баззади йæ хомæ аргъуаны цур, кæнæ та йе ’рвадæлтæм. Хъæубæстыл айхъуысти: «Хадзымæт Æрыдоны ис». Бигъайы-фырт æмæ булкъон Икъайы- фырт Дыгурæй æрбаздæхтысты æмæ зылдысты Ха- дзымæты фæдыл. Йæ æрцахсыны тыххæй сын Х’аба- йы-фырт стыр лæварæй зæрдæ бавæрдта. Фæлæ адæм Хадзымæтыл тынг æнувыд уыдысты, æмбæхс- той йæ, хи хъæбулау æй хъахъхъæдтой. Августы æнтæф бонтæй иуы Хадзымæт йæ хойы хæдзармæ фæсидтис партизантæй иу къордмæ. Фæ- зындысты йе ’фсымæр Георги, Псыма, Хату, Хъуы- латы Валодя, Тлатты Быдыго. Заманхъулæй æрба- хæццæ сты Кодзаты Измаил æмæ Милдзыхты Рама- зан. Хадзымæт бирæ нæ фæныхас кодта. Загъта сын цыбырæй: — Нæ хæс у ныртæккæ Сырх Æфсады ссыдмæ нæ бæстæ урсгвардионтæй асыгъдæг кæнын. Бигъа- йы-фырты митæм кæсын æгъгъæд у... удæгасæй йæ раттæм Кировы æмæ Орджоникидзейы къухтæм. Æрцахсын æй хъæуы. Уый куынæуал уа, уæд йæ от- ряд дæр хæлд æрцæудзæн. Æмæ уый махæн чысыл хъуыддаг нæу. Уый у сусæг хъуыддаг... Хъахъхъæ- нут уæхи Бадæгæй, Къацийы-фыртæй, хъахъхъæнут нæ( сусæгдзинад. Разы стут уыцы уынаффæйыл? — Разы стæм!.. — загътой æмхъæлæсæй парти- занты раздзæуджытæ, фæлæ хъуыддаг куыд рауай- дзæн, уымæн ничи ницыма æмбæрста. 172
Дыккаг бон иннæ бонтæй раздæр сыстадис Ха- дзымæт. Партизантæй йæм чи уыди, уыдонимæ ны- хас кодта. Йæ ныхасы сæр та уыдис иу: тыхтæ æм- бырд кæнын хъæуы, рæстæг бирæ нал баззад, ’ лæ- джыхъæд æвзарæн бонтæ та æрбахæстæг сты: Изæр- мæ фæбадти хæдзары. Йæ алы сахат, йæ алы минут дæр нымадта æмæ йæм афтæ касти, цыма йыл афæдзтæ цæуы. Сындæггай дуар байгом, æмæ æрбахызт Фаризæт. Хадзымæт фестъæлфæгау кодта, фæлæ уайтагъд йæ зæрдæ барухси. Ныр ын цыма бирæ фенцондæр, аф- тæ йæм касти, стæй йæ фæндоп кæй сæххæст кæн- дзæн, ууыл дæр йæ зæрдæ тынгдæр фæдардта. Фа- ризæт дзæвгар фæкасти йæ уарзоны фæлурс цæсгом- мæ, стæй йæ уадултыл æрызгъæлдысты йæ цæсты- сыгтæ... — Цæмæн афтæ тыпг риссын кæпыс дæхи? — æрæджиау æй бафарста Хадзымæт, фæлæ чызджы цыдæр æнамонддзинад кæй тæрсын кæны æмæ йæ кæй риссын- кæны, уый бамбæрста. Фæлæ’ лæппу цы дзырд радта æмæ цы,фæнд скарста, уый ивын йæ удыхъæды нæ уыди. Иу минут -дæр иуварс уæвæн нæй карз тохы, революцион тохы фæндагæй. Ныр дæр хъуамæ сæххæст кæна, йæ корд цы бауынаффæ кодта, уый Орджоникидзейы ссæуынмæ. Бигъайы- фыртæн та хъуамæ бамбарын кæпа, Гагийы фырт «сæтæлæг кæй пæу», Бигъайы-фырты фидисау, фæлæ кæй у æцæг рæстзæрдæ адæймаг æмæ кæй хæцы адæймаджы бартыл. Æмæ йын ныр Фаризæт куы загъта, ма ацу æмбырдмæ, зæгъгæ, уæд Хадзымæт бахудти, барæвдыдта чызджы æмæ йын загъта: — Большевикæн йæ адæмы ссæрибар кæныныл тохы мæлæт тæрсынгæнæн «мам» нæу. Мæлынæй мын ма 173
тæрс: мах царды сæраппонд куы тох кæнæм... Мй мын тæрс... — Цæмæн зæгъыс?.. Уавæр тынг тæссаг у. Цар- дæй куы ницы ма федтай! Ма ацу... Æз æппындæр не ’ууæндын уыцы Икъатыл æмæ Бигъатыл, Къацийы- фыртимæ цыдæр фыдвæндтæ кæнынц сусæгæй. — Уыдоны фаг суыдзыстæм, Фаризæт,— йæ гæрз- тæ æрбакæнгæйæ, загъта Хадзымæт. Фæзындысты Псыма, Хъуылаты Валодя æмæ йæ- хи æфсымæр Георги дæр. — Æз дæр цæуын уæдæ! — фидарæй загъта Фа- ризæт.— Кæд уын æз дæр баххуыс кæнин исты. Сы- мах кæм мæлат, уым æз дæр... — Рауадз æй,— загътой партизантæ. — Нæ, ам лæуу не ’рцыдмæ,— не сразы Хадзы- мæт. Партизантæ ацыдысты. 4 , Уыди мæйрухс æхсæв. Арвы цъæхæй æрттывтой стъалыты дзыгуыртæ. Хъæубæстæ ныссабыр. Хъæр, сыбыртт никæцæйуал хъуысти. Искуы-иу стæм хæдза- рæй ма калди цырагъы рухс. Сындзы ’рдыгæй цы рог дымгæ кодта, уый хырхæйфадæнæй Хадзымæты са- быр хъæлæс рæстæгæй-рæстæгмæ скъæфта æмæ йæ иу кодта Æрыдоны доны сæр-сæримæ, цыма йæ æцæ- гæлон куы фехъуса, уымæй йын тарсти, уыйау. Уым, хырхæйфадæны, йæ алыварс бадтысты æмæ йæм лæмбынæг хъуыстой партизантæ. Хадзымæт дзырдта операцийы пъланы тыххæй. Хъусджытæн зындгонд уыдис хабар, фæлæ уæддæр æрæмбырд сты, цæмæй хуыздæр, бæлвырддæр баныхас кæной операцийы пъланыл æмæ хъуыддаг ма фæсыкк уа. — Мæ фæстæ цомут ныр!—партизанты разæй 174
а]къахдзæфтæгæнгæйæ, загъта Хадзымæт, æмæ уыдон дæр йæ фæдыл адаргъ сты гæрзифтонгæй. Иæ хæд фæстæ цыдысты Псыма, Быдыго, Хату æмæ Георги. Бахæццæ сты æрхы былтыл, бæлæсты аууæтты Тæ- нæгсыхмæ, Зембатты Дрисы хæдзармæ. Хæдзары алыварс аууон дардтой даргъ гæдыбæлæстæ æмæ пехцелсæр хæристæ. Хадзымæт уынджы ’рдыгæй агуы- ридурæй конд асинтыл схызтис параднæмæ, йæ фæс- тæ Псыма æмæ иниæтæ. Байхъуыста дуарæй, стæй ’рудзынгæй: мидæгæй змæлын, уынæр нæ хъуыстис. ’ Бахоста дуар. Дыккаг хатт, æртыккаг хатт. Фæрссæг- тæй цырагъы рухс фæзынди. Уаты сызмæлыдысты чидæртæ. — Чи дæ уый? — Дуар бакæн, Дрис,— загъта Хадзымæт сабы- рæй. — Чи стут? Цы уæ хъæуы ацы æнафоны? — Хиуæттæ стæм... Ды нæ æхсызгон хъæуыс, бул- къон, иу хъуыддагæн... — Чи дæ? ’ — Æз Хадзымæт дæн... Ма нæ тæрс, дæумæ не ’вналæм. Фæлæ нæ æххуысæн хъæуыс... Куынæ рацæ- уай, уæд дуар асæтдзыстæм, æмæ дæ мæлæт у... — Кæд уын бæззын æххуысæн, уæд — уæ хорзæ- хæй! — сдзырдта булкъоп æмæ дуар фегом кодта. Топпы дзыхтæ куы ауыдта, уæд барызти: — Ма тæрс,— загъта Хадзымæт.— Тагъд дæ дзау- мæттæ акæн æмæ немæ рацу... Дрисы уæнгты тас бацыди, срызтис, йæ дзаумæт- тæ акодта æмæ рацыд сæ разæй. Иласты хæдзармæ куы баввахс сты, уæд Хадзымæт фæурæдта булкъоны æмæ йын загъта: — Кæртмæ мемæ рацу... Ды Бигъайы-фырты адъютант кæм дæ, уым дыл баууæнддзæн æмæ дын 175
дуар бакæндзæн. Иæ уатмæ бахиздзынæ мемæ, ста&й дæхи фæфæсвæд кæндзынæ. Бамбæрстай?.. — Хорз,— сразы булкъон. — Мидæмæ мемæ бацæудзысты Псыма, Мысост, Хату, Быдыго,— загъта дарддæр Хадзымæт.—Иннæ- тæ хæдзары алыварс æрлæудзысты... Æхсгæ мачи фæкæнæд, цалынмæ зæгъон, уæдмæ. , — Ды мидæмæ ма бацу, Хадзымæт! Мæ бар уадз Бигъайы-фырты,— дзырдта Псыма. — Мæхæдæг цæуын,— ныллæууыд Хадзымæт. Рæсугъд мæйрухс æхсæв. Ахæм æхсæвты-иу хъуыстис фæсивæды зарын, фæидыры цагъд. Ныр хъæу уыди къуырмайау. Æрмæст ма чысыл фал- дæрæй, Тæргайдоны къабаз — Астæудоны сæр-сæр рог фæззыгон дымгæ хаста уæлдæфы. Доны хъæрыл ахуыр уыди Хадзымæт æмæ йæ бирæ уарзта. Ныр дæр ын æхсызгон уыди уыцы уынæрмæ хъусын. Ха- дзымæты бафæндыд, уыцы доны сæр-сæр хæссæг рог дымгæ куы атæхид Мæскуымæ, Ленинмæ, куы йын радзурид сæ тохы хабæрттæ... Фæлæ кæм ис ахæм амал?.. Æмæ уыцы сæнтты базыртыл тахти æрмæст цалдæр секунды: йæ разы ауыдта цъулбер Иласы стыр кулдуар, ингæны дуйрау... Бахызтис ыл кæртмæ... Зембатты Дрис йæ фарсмæ. Сæ фæдыл, топпытæ æргъæвдæй хæсгæйæ, Псыма æмæ иннæтæ. — Ма бацу, Хадзымæт, дæхæдæг!..— Фæсус хъæ- лæсæй дзырдта лæгъстæгæнæгау Псыма.— Мæн ба- уадз. — Мæхи бар мæ уадз,— загъта ма тыргъмæ ба- хизгæйæ Хадзымæт Псымайы хъусы æмæ Бигъайы- фырты хъахъхъæнæгмæ наган фæдардта: «Ма сыз- мæл! Дæ топп ратт!» — сдзырдта Хадзымæт æмæ аца- мыдта йе ’мбал Быдыгомæ. — Райс ын йæ топп. 176
Хъахъхъæнæг раздæр базыдта Дрисы æмæ æнц^д æнхъæлмæ каст «уазджытæм». Фæлæ ныр æваст гуырысходзинад февзæрд йæ сæры, фæлæ байрæджы кодта. Бакаст Хадзымæты коммæ. Быдыго бауад хъахъхъæнæгмæ, райста йыи йæ топп. — Ай, Кадийы-фырт Тасолтан куы дæ! Уæхимæ дæ Бæтæхъойыхъæуы æнцад цæрын ничи уагъта?.. Бирæгътимæ цæмæн рацыдтæ? — хъахъхъæнæджы цæсгоммæ бакаст, афтæмæй йæ мынæг хъæлæсæй фарста Быдыго. — Хъахъхъæи æй!—сдзырдта Хадзымæт. Зембатты булкъон бахоста уаты дуар.- — Чи дæ? — йæ хуыссæнæй фæгæпп кæнгæйæ, афарста Бигъайы-фырт. — Уый æз дæн, Зембатты-фырт. Дрис... Бакæн дуар! Ис мæ æхсызгон хъуыддаг... Сослæнбег йæ адъютанты базыдта йæ хъæлæсæй æмæ йын дуар фегом кодта. Дуарыл бахызти Дрис, йæ фæдыл Хадзымæт. Уатмæ мæйы рухс калдис ру- дзынгæй. Сынтæгыл зынди Сослæнбег, йæ баком- коммæ та æндæр сынтæджы хуыссыдис хæдзары хи- цау Илас. Хадзымæт Дрисы йæ къухтæй иуварс фæкодта æмæ сдзырдта: — Де ’хсæв хорз, Сослæнбег! Бигъайы-фырт мидæггаг хæдоны бадти, ливор йæ къухы дардта базы бын, афтæмæй. Хадзымæты куы базыдта, уæд æй æваст бахста, стæй йыл йæхи бап- пæрста. Дыууæ лæджы куы фæхъæбысхæст сты, уæд Хадзымæты рахиз къухы цы наган уыди, уый Сос- лæнбеджы роцъомæ арæзт фæцис, æмæ нæмыг Сос- лæ^беджы хъуыры ацыд. Псыма Хадзымæтæн фæ- тарст æмæ бахста фоыдзæхстоиæй Бигъайы-фырты. Иннæ партизантæ дæр дыууæ гæрахы фæкодтой ру- 178
дз(ьшгмæ. Фæцæф Хадзымæт дæр, фæлæ феуæгъд Бигъайы-фырты хъæбысæй æмæ уаты рудзынгæи уынгмæ агæпп кæнынмæ куыд хъавыдй, афтæ йыл Псыма фæхæцыд. Чидæр ма уыпгæй рудзынгмæ Ха- дзымæты куыд фехста, уый ма йæхæдæг ауыдта, стæй йæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницуал бамбæрс- та. Псыма йæ нал ауагъта рудзынгæй хизын: йе ’ккой йæ акодта, рахаста йæ кæртмæ. Кæрты йыл цыппарæй схæцыдысты æмæ йæ уынгмæ рахастой. Адæм гæрæхтæм фæфæдис сты. Псыма Хадзымæ- ты цæфæй ахæссын кодта Уырымты Бæппутæм. Иæ- хæдæг фæдисæттæм фæзылди. — Кæдæм? Фæстæмæ аздæхут! — Мæстыйæ дзырдта Псыма æмæ сæ кæмæдæр фæдардта топп. — Цы ’рцыди? Чи стут сымах? —хъæр кодта раз- заг фæдисон. — Айсут уæхи! — фæхъæр ыл кодта Псыма æмæ йын йæ сæрты бауагъта топпы нæмыг. Фæдисонтæ фæстæмæ фесты, æмæ къорд минуты фæстæ фæса- быр ис хъæлæба, æрмæст ма Иласы хæдзарæй Би- гъайы-фырты мардыл кæйдæр кæуын хъуыстис... Райсомæй æгас хъæуыл дæр айхъуыстис хабар. Хадзымæт ма бон ахаста уæззау цæфтæй, стæй амар- дис. Партизантæ сæ хъазуат раздзæуæг большевиччы мард бамбæхстой. Икъайы-фырты отряд æмæ Бигъа- йы-фырты урс бирæгътæ Хадзымæты мард фæца- гуырдтой дыууæ боны. Дыккаг бон æй ссардтой Уа- таты хæлд хæдзары сынтæджы бын хъæмпæй æм- бæрзтæй. Уырдыгæй йæ раластой къæнцылармæ æмæ йæ кæрты аппæрстой. Хъæуы зæрæдтæ æмбырдтæ кодтой æмæ куырдтой мард ныгæнынмæ. — Ацы куыдзы раджы марын хъуыди,— загъта Илас æмæ Хадзымæты тугæйдзаг цæф риу йæ хъæ- бæр цырыхъæй басхуыста. 179
Марды алыварс æрлæууыдысты булкъон Икъа- йы-фырт, Дрис, Швидков æмæ ма чидæртæ. Бацы- дысты сæм хъæуы зæрæдтæ — Томайты Соски, Лекъ- ты Гагуыдз æмæ куырдтой урсытæй Хадзым’æты мард. Гæлæу — Хадзымæты хисдæр æфсымæр — лæу- уыди бæхуæрдоны цур бæгъæмсарæй. Гаги йæ фарс- мæ, æддæдæр, цалдæр сылгоймаджы æхсæн, сисы æнцой—Фаризæт. Чызг куыдта, йæ сæр уæлæмæ нæ исгæйæ... — Æрцахсын хъæуы уыцы цъаммары дæр! — хъæр кодта Икъайы-фырт,— раст ын ливор йæ ’ны- хыл фæкæнын хъæуы! Фæхудинаг нæ кодта... — Худинаггæнæг, раст адæмы чи цæгъды, уыдон у сты! — загъта Фаризæт æмæ ахызтис æддæмæ.— Сæ туг уын нæ батайдзæн!—æрбайхъуыст ма дуарæй йæ ныхас. — Ахæм ирон чызг никуыма федтам,— дзырдтой урс афицертæ. — Хорз фырт схастай! — тызмæгæй баздæхтис Икъайы-фырт Хадзымæты зæронд фыдмæ. Гаги йæ дæрзæг къухтæй асæрфта йæ цæстысыгтæ, йæхи ныг- гуыбыр кодта æмæ сабырæй загъта: — Цы кæнон... Йæ фæндтæ мæнæн нæ дзырдта.— Фыд йæхæдæг та йæхинымæр хъуыды кодта афтæ: «Рæстæй йæ сымах бахордтат, бирæгътæ... Хуыцау ма кæд ис, уæд уын æй нæ ныххатыр кæндзæн, фæ- лæуут!..» Зæрæдты лæгъстæйæ афицертæ бар радтой Ха- дзымæты баныгæнынæн. Гæлæумæ цалдæр сыхаг лæппуйы фæкастысты æмæ марды уæрдоны сæвæрд- той., Баныгæдтой йæ. Адæм уыйбæрц фæхъыг код- той ’сæ уарзон адæймагыл, æмæ сæ цæстыбынтæ нæ басур сты къорд боны. Мысыдысты йын йæ хъуыд- дæгтæ, йæ цард, йæ хорз хъуыдытæ... Фаризæт æдзу- 180
хæй бадтис Гагийы чындзимæ. Дардта сау дарæс æмæ æппынæдзухæй хъуыды кодта, Хадзымæт^ы туг куыдæй райстæуа, ууыл. I Салыгæрдæны цы урс отряд сырæзыд, уый нып- пырх кæнынмæ цæттæ кодтой сæхи Æрыдоны парти- зантæ дæр. Георги бынтон сцырен ис: нал бадтис æх- сæвæй-бонæй сæ хæдзары. Партизанты æмбырд код- та урсыты ныхмæ ныббырсынмæ. Уый цуан кодта бандиттыл. Йæ архайд дардта сусæг. — Ды дæр та цыдæр кæныс! — иубон баздæхти Гаги йæ кæсдæр фыртимæ, Георгимæ. — Æз дæр ма цы кæнын мæ царды сæрæй... Ха- дзымæт мæ цæстыты раз лæууы æмæ мын дзуры, «мæ фæндагыл ацу», зæгъгæ... Æхсæвæй-бонæй куыст зæрдæ пал исы,— дзуапп лæвæрдта Георги, йæ фыды æфхæрд цæсгоммæ кæсгæйæ. Фырт фæтæригъæд код- та Гагийæн. Бынтоп йæхиуыл нал у, туджы цъыртт дзы нал баззадис, куыддæр адзæгъæл вæййы. Фæлæ Хадзымæт йæ цард цы хъуыддагыл радта, уый йæм сидтис æмæ нал фæллад зыдта, нал хуыссæг. — Фæлтау æнцад бад!.. — уынаффæ кодта Га- ги.— Науæд æз дæр мæхи амардзынæн... Георги йæ фыдæй фефсæрмы, фæлæ йæ уæддæр йæ маст хурх кодта. Æмæ йæм ныр Бечмырзæ куы бацыди Псымаимæ, уæд Георги фæныфсджындæр ис æмæ загъта: — Уæдæ, æмбæлттæ, Къацийы-фырт дæр фæци... — Куыд?! — фæдис кодтой иинæтæ. — Афтæ... Горæты ахæстонæй куы феуæгъд стæм, уæд Хабайы-фырты къæнцылары фембæлдтæн Къа- циты Хъайсыныл æмæ Бадæгыл. Къацийы-фырт ра- тындзыдта æмæ мæ размæ Дехуырæйы дæлбыл ба- 181
бадтис. Куы мæ федта, уæд мæ дæлбылæй бахста. — Фæивгъуыдтай? Кæс ныр дæхимæ!— бахъæр æм кодтон æз æмæ йæ бахстон. Лæг атылди. — Мурат дæр фæци,— загъта Псыма. Æмæ йæ чи афæлдæхта, зæгъут? — Мæнæ! — ацамыдта Фа- ризæтмæ... Партизантæ Фаризæтмæ бакастысты дисгæнгæ. Нæ сæ уырныдта, ’чызг йæ фыдмæ йæ къух систа, уый. — Ма мæм кæсут афтæ цымыдисæй. Мæхи йæм нал баурæдтон... Хадзымæт мын цы рæсугъд фидæ- ны кой кодта, уый тыххæй фесæфтис йæхæдæг дæр. Уый у мæ амонд... Æмæ хъуамæ æз дæр уемæ ацæ- уон. Партизантæ араст сты Салыгæрдæнмæ æмæ уым Заманхъулы партизантимæ иумæ ныппырх кодтой урс бандæйы. Карз тохы райстой Хадзымæты туг æмæ уымæй иучысыл фæкъаддæр партизанты маст. Революцион уæлахизæй хуыздæр цырт нæ хъæуы революционеры. Æмæ разы уыдысты сæхицæй. Фæлæ та сыл фыдбы- лыз сæмбæлд. Салыгæрдæнæй фæстæмæ Æрыдонмæ куы рацæйцыдысты, уæд сæ æхсæвыгон иу талынг уынджы кæцæйдæр æхсын райдыдтой урс бандиттæ æмæ уыцы хæсты фæмард Георги. Ног мæрдон хуыз бафтыди Æрыдоныл, Рæмоыаты Гагийыл. Фæмард йæ кæсдæр уарзон хъæбул знаджы къухæй хъызт зымæ- джы дуармæ. 5 Дз|æуджыхъæуы станцæ. Поезды вагæттæй касты- сты сырхæфсæддонтæ, сæ хурсыгъд сау цæсгæмттæ уыдысты фæлладхуыз, фæлæ ныфсхаст. Адæм дзы- 182
гуыртæй цыдысты поезды фæдыл, алырдыгæй хъуыс- ти арфæйы ныхæстæ, цины уынæр, зарын. Вагæттыл æмбырдтæ кодтой сывæллæттæ, устытæ, зæрæдтæ. Сырхæфсæддонтæ сæм тылдтой сæ къухтæ, кодтой хъазæн ныхæстæ. Уалынмæ Дзæуджыхъæуы стыр уынгæй æрбай- хъуыстысты бæхты къæхты хъæр, стæй бирæ адæмьт зарын. Уый хъæутæй схæццæ сты партизанты отряд- тæ. Чысыл фæстæдæр уыдон дæр апырх сты перро- ныл. Амырхан æмæ Темболат бацыдысты рæбинаг вагæттæм, сæ фæдыл бараст сты Сабаз æмæ Беч- мырзæ дæр. Кастысты сæ алывæрстæм æмæ фарс- той: — Кæм сты Киров æмæ Орджоникидзе? — Кæм ис Орлов? — Орлов! — фæхъæр кодта Темболат æмæ аца- мыдта, сырхæфсæддонты æхсæнæй цы мæллæг, чы- сылгомау лæг рахызтис, уымæ. Уый сæм æмраст æр- бацæйцыд йæ мидбылты худгæ. Йæ уæлæ æфсæддои хæдон æмæ галифе хæлаф, йæ сæрыл цъупп худ. — Орлов у! — загъта Сабаз дæр. — А-а-а! Амырхан! Бечмырзæ! Мæнæ Сабаз æмæ Темболат дæр! — цингæнгæ райста Орлов партизан- ты къухтæ. — Схæццæ стут? Федтат Киров æмæ Ор- джоникидзейы? — Нæма! — Цомут, уæдæ, мæ фæдыл! — Орлов фæрастис сæ разæй. Уый бахызти хъахъхъæнæджы цурты иу цъæх даргъ вагонмæ. Орджопикидзейы баййæфта стъолы цур бадгæйæ, йæ хæдоны æфцæггот уыди уæгъд, афтæмæй цыдæр фыста. Киров дæр бадт йæ цуры. Зинæ дæр, Сергойы ус, вагоны рудзынджы раз лæууыди æмæ касти партизанты æмæ сырхæфсæд- донты кафт æмæ цинмæ. 183
) — Ирон партизантæ, уаритау æртахтысты! — загъта Орлов. Киров æмæ Серго фестадысты, акас- тысты рудзынгæй. Перроны базмæлæн нал уыдис фистæг æфсад, партизантæ æмæ хъазахъæй. Цу- хъаты, цинелты æмæ сау нымæтты лæууыдысты бирæ хæстон адæм æмæ кастысты штабы вагонмæ. — Фæсид сæм ардæм, — загъта Орджоникидзе Орловæн. Уый рауади æмæ вагонмæ бакодта Амыр- хан, Сабаз, Темболат æмæ Бечмырзæйы. Уазджытæ райстой Кировы, Сергойы æмæ Зинæйы къухтæ. Хæс- тон æмбæлттæн бацайдагъ зæрдæбын ныхас. Æры- мысыдысты Августы мæйы хæстытæ, Пысылмонхъæ- уы æмæ Салыгæрдæны стæртæ. Бечмырзæйы зæрдыл æрлæууыдис, тæккæ æрæджы дæр ма Серго куыд ныхас кодта Беслæныхъæуы, сырхæфсæддонты æмæ партизанты Деникины ныхмæ куыд æрвыста, уый. Серго æмæ сын Киров æхсызгон хъуыстой сæ ныхас- м,æ æмæ-иу бахудтысты. Фæлæ сæм сæ хæстæгдæр æмбæлттæ Хадзымæт, Чермены, Деболайы, Георгийы кой куы рауадис, уæд партизантæ сæ хъæлдзæг цæс- гæмттæ фæтар кодтой, сæ сæртæ æруагътой. — Нал сты?.. — сдзырдта æрæджиау Орлов. — Уыдоны марджытæ мæнæй нæ аирвæздзысты... Сар сæ хæдзар кæны! — бартхъирæн кодта Бечмыр- зæ. Орджоникидзе йæм бакасти æмæ æрымысыд, цыппæрæм съезды Бечмырзæ Фальчиковы ныхæстæм куыд стæвд ис, уый. Йе уæхск ын æрхоста æмæ загъта: — Раст у... Сæ мæлæт ссардзысты революцийы знæгтæ. — Стæй фæзылд Орловмæ: — Мах цæуын хъæуы Фæскавказмæ. Фæлæ ды ам баззай. Сбæлвырд кæн Дадзымæты æмæ иннæ большевикты фæмарды хъуыддаг. Уæйгæнджыты, советон закъонмæ гæсгæ, 184
бафхæрын хъæуы... Советон цард ныффидар кæнын хъæуы. — Хъыг кæнынæй иицуал пайда ис,—загъта Амырхан æмæ баздæхти Серго æмæ Кировмæ: — Æгайтма нын сымах сæрæгас стут. Бирæ ирон хæ- дзæрттæн кæд сæ бинонтæ, сæ сывæллæттæ кæугæ- йæ, ниугæйæ баззадысты, æнæ фос, æнæ мулк фесты, уæддæр большевикон парти, сымах æгас стут æмæ сымах фæрцы уыдон рæвдыд баййафдзысты. Не ’хсæ- нæй чи ахицæн ис, йæ цард адæмы барты тыххæй чи суæлдай кодта, уыдон цы рæсугъд сæрибар цард- мæ бæллыдысты, уый мах аразæм æмæ йæ сараз- дзыстæм. Киров Орджоникидзейы къухæй райста, Ленинмæ æрдæбон цы телеграммæ фыста, уый. «Дзыллæты революцион ахаст,— касти Киров Сер- гойы фыст телеграммæйы,— Терчы бæстæйы уый- бæрц тыхджын у, æмæ Сырх Æфсады ссыдмæ сæ- хуыдтæг аппæрстой урсыты хицауад æмæ равзæрстой ревкомтæ коммунисттæй. Дзæуджыхъæу, Грозна æмæ Дербентæй атардтой урсыты æмæ, Сырх Æфсады ссыдмæ сарæзтой сæхи партизанты ревкомтæ. Хус- сары бæстæйы контрреволюци пырхгонд’ æрцыди. Æртындæсæм февралæй 26 мартъимæ Кавказы фрон- ты æфсæдтæ уацары райстой 12 мин афицеры, 100 мин салдаты, 350-йæ фылдæр сармадзантæ, 500 пуле- меты, 200 минæй фылдæр-топпытæ...» Цалынмæ Киров телеграммæ кастис, уæдмæ Сер- го йæхи арæвдз кодта, æмæ иууылдæр рацыдысты вагонæй. — Ур-ра...а! — Сырхæфсæддонты æмæ партизанты хъæр дард азæлыди вагзалæй горæты уынгтæм. Ци- ны арфæйы ныхæстæ куы фæсабыр сты, уæд Серго 186
дзурын райдыдта, Деникины æфсæдты куыд ныддæ- рæн кодта Сырх Æфсад, уый тыххæй. — Уыцы стыр тохты хæххон адæмтæ, хъазуат пар- тизантæ, фæллойгæнæг хъазахъ чысыл æххуыс нæ бакодтой. Ныр та нæ хæс у ног цард ныффидар кæ- нын, æмæ нæ уырны, сымахæй уæ хæстон кад æмæ намыс кæй нæ ферох уыдзысты, уый. Мах райстам нæ къухтæм нæ бартæ æмæ сæ хъуамæ цæстыгагуы- йау хъахъхъæнæм!.. 6 Æрыдоны райдзаст быдыртæ æмæ Тæргайдоны былтæхудтысты, цъæх-цъæхидæй æрттывтой уалдзы- гон хурмæ. Адæм хъæлдзæгæй цыдысты фæзмæ, Ха- дзымæты штаб кæм уыд, уыцы хæдзары ’рдæм, Æм- бырдтæ кодтой сырхæфсæддонтæ, иартизантæ, хъа- захъæгтæ, æвзыгъдæй уадысты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр. Фæзы æрлæууæн нал уыди адæ- мæй. Орлов бадтис ревкомы уаты Амырхан æмæ Ахмæ- тимæ. Уырдæм бакодтой Гаги æмæ Соброны дæр. Аходæн афон уыди. Хур бæрзонд ссыди, æмæ рог уалдзыгон дымгæ фæйлыдта сырх тырысатæ хæ- дзæртты дуæрттæм. Ревкомы дуарæй ракаст Орлов. Иæ фæдыл — зæрæдтæ, стæй Амырхан æмæ Ахмæт дæр. Орлов йæ худ тилгæйæ бацыдис фæзы астæумæ, схызтис фæйнæджытæй арæзт трибунæмæ. Уырдæм схызтысты Амырханитæ дæр. Адæм фæсабыр сты, музыкæйы цæгъдын фæхъус ис. Амырхан митинг бай- гом кодта. Орлов йæ цæстæнгас адæмыл ахаста æмæ райдыдта дзурын: — Æмбæлттæ! Нал раздæхдзæн ивгъуыд æлгъыст 187
цард. Дур не стулдзæнис хохмæ, дон не скæлдзæн фæстæмæ цæгатæй, хур не скæсдзæнис йæ ныгуылæ- нæй. Аныгъуылди туджы пырхæнты зæронд дуне... Адæмыл скастис, æнусты дæргъы цы хурмæ тырныд- той, сæ туг кæуыл калдтой, ’ уыцы æнæаныгуылгæ хур —сæрибар царды хур! Æппæт;зæххытæ, быдыр- тæ, хæхты хъæздыгдзинæдтæ, адæм’сæ тугæй цы фаб- риктæ æмæ заводтæ фæцарæзтой, уыдон сæхи ба- исты... Паддзах,^ æлдар нал ис! Уыцы ног цардыл йæ уд чи нæ бацауæрста, уыдонæй иу уыди нæ адæмы хъæбул, большевикон партийы уæнг Рæмонаты Ха- дз’ымæт. Уыдонæй уыдысты Байаты Чермен, Цæгол- ты Георги/ Къесаты Колка, Гибизты Дебола æмæ æндæртæ дæр. Уыдоны нæмттæ æдзухдæр рухсæй лæудзысты нæ зæрдыл... Æгас цæуæд Коммунистон парти! Æгас цæуæд Советон хицауад! Дзырды бар радтой зæронд Гагийæи. Уый дзырд- та, йæ фырт Хадзымæтау, сабыр æмæ цыбырæй: — Мах цагъар уыдыстæм... Талынгæй рухс цард- мæ тырныдтам æмæ йæ сымах фæрцы ссардтам. Æз уын раст зæгъдзынæн, хорз адæм... Мæн нæ уырныд- та, ахæм хорз адæймæгтæ ис, Орловы хуызæттæ, не ’хсæн, уый. Фæлæ Орловыл фæцахуыр нæ лæппу Хадзымæт, фæцахуыр ыл ис Георги дæр, æмæ кæд мæ хуыздæр хъæбултæ нал сты, уæддæр иунæг нæ дæн. Мемæ сты Сабаз, Амырхан, Ахмæт æмæ йæ ин- нæ æмбæлттæ. Хадзымæтьгæз дзæбæх не ’мбæрстон... Фæлæ урсыты хъуыддæгтæм куы ’ркастæн, уæд ба- зыдтон, большевиктæ æцæг рæстдзинад кæй хæссынц адæмæн,уый... Æмæ зæрондæй дæр цæттæ уыдтæн Ха^зымæт æмæ Георгиимæ топп райсынмæ кадетга, урсыты ныхмæ... Æз зæронд нал дæн... Æз ногæй райгуырдтæн... 188
Зæронд лæджы зæрдæ суынгæг. Орлов уый ба- фиппайдта æмæ йын йæ ныхас айста: — Адæмы æхсæн райгуырынц Хадзымæты хуызæн намысджын лæгтæ æмæ сын сæ рухс нæмттæ рохгæ- нæн нæй... Хадзымæт уыди фæллойгæнæг адæмы хъæ- бул., Уый уыди адæмæн фарн æмæ амоыд хæссæг Гъе уымæн цæры æмæ цæрдзæн рухсæй йæ ном адæ- мы зæрдæйы...
СÆР ГÆНДТÆ Тар бонтæ . _ . . . , . . . . , . 3 Зынаргъ уазæг, ....... . . 27 Хæсты рæстæджы 37 Дыууæ тыхы 43 Уæлахиз .77 Сонт рæдыд 105 Иу лæг хæсты æфсад у 115 Мигътæ 129 Партизантæ ■. . . . 156
Сергей Сафронович Джанаев ХАДЗЫМЕТ Редактор С. 3. Хугаев Художник А. В. Петров Художественный редактор X. Гг Сабанов Технический редактор С. X. Гутаеоа ;Корректор Е. У. Датриева
Сдано в набор 26-Х-72 г. Подписано к печати 26-1-73 г* Формат бумаги 70х\0&1з2> Печат. листов 6. Усл.-печат- лист. 8,4. Учетно-изд. листов 7,66. Заказ № 2337. Изд. № 102. Тираж15С0. На бумаге № 1. Цеиа 37коп. Книжное нздательство Упраиления по делам нздательств, полиграфин и книжноч торговлн Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полигра- фии и книжной торговли Совета Министров СО АССР^. г. Орлжоннкидзе, ул. Тельмана, 16.