Текст
                    МÆ
ФÆЗЗЫГОН
НАЙ


МÆ ФÆЗЗЫГОН НАЙ ÆМДЗÆВГÆТÆ ВЛАДИКАВКАЗ 2020
ББК 84(2Рос=Осе) Г-20 Гаматы, Иван. К-14 Мæ фæззыгон най [Текст] : Гаматы Иван. — Дзæуджыхъæу : Ир, 2020 — 175 ф. Гамаев, Иван Габоевич. Моя осенняя жатва. 13ВЫ 978-5-7534-1685-8 Имя Гамаева Ивана известпо широкому кругу читате- лей Его стихи публиковались в республиканских газетах, журнале «Мах дуг». Сборник «Моя осенняя жатва» — итог многолетней работы поэта. ББК 84(2Рос=Осе) © Гамасв И. Г., 2020 © Гаппоева Н. У, дизайн, 2020 © Оформлснис ГУП «Издательство «Ир», 2020 13ВК 978-5-7534-1685-8
Ацы чипыгæй арын мæ ныййарæг мад Челдион-Гаматы Софийы рухс ном. Ды дæ нæ царддæттæг, ныййарæг, Дæ фарн у уалдзæджы æнгæс; Дæуыл кæнæм нæ хуыздæр зарæг, Фæлæ нæй бафидæн дæ хæс. О^З’О
е_>^^^0 РАЗНЫХАС Зынаргъ чиныгкæсæг! Ды ахæм уавæры ни- куы бахаудтæ: иуырдыгæй дæ хъуыдытæ, дæ зонд, дæ хинкъарынад — цыдæр тар æмæ ’лхынцъ, зæрдæмæ рухсы цъырт никæцæй кæсы, иннæр- дыгæй та дæм хатгай фæзыны æнахуыр райдзаст хъуыдытæ, адæймаг æппæт буарæй дæр æнкъары æхцондзинад. Дæ алыварс цы ис, уыдонмæ кæсыс бынтон æндæр цæстæй, цыма æндæр бæстæйы фе- стадтæ. Дæ размæ байгом вæййы арвы дуар, лæ- гыл разайы базыртæ æмæ йæ ’рфæнды уæлæрвты тæхын. Ахæм уавæры бахауы, æвæццæгæн, алы адæймаг дæр, фæлæ иутæ — стæм хатт, иннæтæн та уый у се ’рвылбоны уаг. Уыдон цыфæнды афон дæр æнкъарынц царды зилдух, хæлар æмæ хæрамы тох. Уыцы иннæтæн сæ нымæц бирæ нæу, Хуыца- уæй сын лæвæрд вæййы фæрныгады хорзæх хъæз- дыг миддунеимæ. Гъемæ ахæм адæймагыл æз ны- майын алагираг хæдахуыр поэт, районы кадджын ветеран Гаматы Габойы фырт Иваны (Гагийы) дæр. Уый йæ уæздандзинад æмæ йæ сабыр зондæй, цыма æнæмæт лæг у, афтæ зыны, фæлæ йын йæ сфæлдыстадимæ куы базонгæ уай, уæд æй бамбар- дзынæ, царды цаутæй йæ уд æнæмæт кæй нæу, уый. Йæ поэзи у бирæвæрсыг, пайда кæны алыхуызон жанртæй. Фыссы æнцонæмбарæн, хуымæтæг ирон æвзагæй. Иæ ’мдзæвгæтæ сты аив фæлгонц поэти- кон æгъдауæй, зарæгау зæланг кæнынц. Зарджытæ дæр ныффыста дзæвгар, уыдонимæ зарæг Алаги- рыл дæр. Иваны сфæлдыстады ирон адæмы «Лео- нардо да Винчи» — Хетæгкаты Къостайæн ис сæр- магонд бынат. Къостайæн стыр аргъ кæй кæны, ууыл дзурæг у, йæ уырыссаг æвзагыл фыст æм- 6
дзæвгæтæй йын кæй ратæлмац кодта æмæ сæ кæй бахаста йæ чиныгмæ. Гамайы-фырт йæ Райгуырæн бæстæ, йæ Ирыстон, Уæлладжыргом æмæ йæ горæт Алагир хъæбулы уарзтæй кæй уарзы, уый зыны йæ алы рæнхъыл дæр. Поэты сфæлдыстад схонæн ис Ирыстоныл ода, уымæн æмæ æмткæй райсгæйæ фыст у Ирыстоны намысыл. Иван хæзнаты хæзнайыл нымайы нæ мадæлон æвзаг. Поэты зæрдæ риссы йæ хъысмæтыл æмæ сиды нæ дзыллæмæ, цæмæй, сæрыстыр цы ’вза- гæй стæм, уыцы ’взаг ма фесæфа, фæлæ сбада йæ раздæры гаччы: Æвзаг — бæрзонд мæсыг, хæзнадон, Нæ цыт, нæ хьару ’мæ нæ ныфс, Нæ хур, нæ æвидигæ суадон, Нæ дугæй домы ’ргом æххуыс. Йæ ныййарæг (сидзæргæс) мадмæ табуйаг уар- зондзинад кæй дары, уый фæдыл зæгъы: Зæрин тынау ирдуыд йæудварн, Уый хиуæтты баста æнгом. Йæ куырыхон зонд æмæ йе ’фсарм Уыдысты нæ астæу бæстон. Чырыстийы рухсы — дæ бадæн, Дæ фарнæй, дæ хорз фæды кадæн — Мæрдтæм дæр нæ арфæ — дæуæн! Чиныджы Ирыстоны зындгонд хъæбултæн сæ кад æмæ сæ намысæн ныффыста зæрдæмæхъаргæ номарæнтæ. Автор фæсивæды хорз æнтысттæ æмæ аипптæ дæр æргом кæны, æппæлинагæй æппæлгæ кæны, чи рæдийы, уыдонæн та уайдзæф кæны. Иæ уацмысты аивæй æвдыст цæуынц ирон бæрæгбæттæ, цин æмæ фыдохы хабæрттæ. Уæлдай æнувыдæй фыссы нæ хæстонты хъæбатырдзинад æмæ Уæлахизы боныл. Иван йæ уацмысты æвдисы Советон Цæдисы за- маны цард ныры царды уавæртимæ баргæйæ: 7
Заманы —зæрдæрухс цаутæ... Фидар не стыр ныфс — Цæдис, 'Рбайхæлдтой йæ мидцардхалтæ, Фестад царды уаг фæдис. Заманы — зæрдæрухс цаутæ... Скъола, рынчындон —лæвар; Гъеныр та ыстыр æхцатæн Иууыл хъуыддæгтæ — сæ бар. Поэты сфæлдыстады ирдæй зыны фыдæлты заманы хæххон цард, кæмтты историон æвдисæн- дарты ахадындзинад. Уый тыххæй Луары хъæуы Цогойты мæсыджы тыххæй фыссы: Лæууы æнусон хъахъхъæнæг нæ кæмттæн, Фæцыд бæрзонд, æдзынæгй кæсы, Цыма у, раст, æнкъæлмæкæсæг знæгтæм, — Кæд нæм, мыийаг, æндæрзæххон бырсы. Рæвдз вæййы уæд нысаны арт ыссыгъдмæ, Фæдисхъæр хъæутыл айхъуысы æваст. Фæзынынц цаутæ иууылдæр мæсыгмæ, Æмдыхæй рæвдз æрцауы не знаг саст. Иван хъуыдыты куы аныгъуылы, уæд арæх æрымысы, æртын азы цы куыстуаты бакуыста æмæ йын йæ хорз куысты тыххæй бирæ хæрзиуджытæ (уыдонимæ «Кады нысаны» орден) кæм саккаг кодтой, уыцы радиозавод Алагиры. Заводы куыста тынг бирæ фæсивæд æмæ сæ фыдуаг митæ кæнын- мæ не ’вдæлд. Кусæн дæсныйад райсгæйæ дарддæр ахуыры æмæ фæллойы фæндагыл ацыдысты. Зæрдæрисгæйæ автор хурмæ калы фæсивæды æнæгъдау митæ. Ныгуылæйнаг пропагандæ сыл æвзæрырдæм кæй сахадыдта, хъылма æмæ карз но- сты уацары дзы бирæтæ кæй бахауд, рохуаты кæй аззад нæ фыдæлты хæзна — нæ ирон фарн, æгьдау, æфсарм, фæлæ авторы уырны, нæ ирондзинад та кæй сæндидздзæн, уый. Цогойты Тамерлап
с_>г1:^о * * * Ирон намыс, ирон æхсар, ирон уаг, — Сымахæй у нæ Ирыстон хъæздыг. Ирон æвзаг, ирон æгъдау, ирон фарн, Ирондзинад — нæ адæмон мæсыг. Фыдыбæстæ — мæ боны рухс, мæ зæрдæ, Мæ царды ныфс, мæ цин æмæ мæ хъыг, Мæ дадзинты — дæ туг æмæ дæ хъæстæ, Фæлæууин дын æнустæм æз уырдыг! ХÆРАМ — ХУЫСНÆГГАДЖЫ «ФÆЛЛÆЙТТÆ» Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ», Куы дарай уыдонмæ дæндаг, Уæд исбон адæммæ уæлдæйттæ, Дæуæн та уæд цæрынæн фаг. Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ», Æвдæрзы зæрдæсæр сæ кой. Æдзухдæр тасризæджы — уæнгтæ, Нæ зоны хуыснæгдзау æнцой. Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ», Фæлтау мæгуыр цардæй — рæстуд. Фыдмитæ чи кæны, лæгмæрдтæ, Ыстыр тæригъæдджын ыстут. Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ», Æлгъыстаг — давæггаг бæркад. 9
Гадзрахатæмхиц ахæм лæгтæ, Æнæхидфæллойы нæй кад. Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ», Ыскæн дæ тугвæллой æгъгъæд, Уыдзæн уæлтæмæны дæ зæрдæ, Æдасæй батайдзæн дæ хæрд. НÆ РУХС СТЪАЛЫ Сæрттывта Къостайы Ирд æрвон цырагъ. Зæрдæ цинæй райы, Хурау тавы мах. ...Сагъæссаг уыд дугæй, Рухс цардыл — йæ тох. Хъизæмар рæстудæй, Хи хъысмæт дзы — рох. Дзыллæтæм кæуæгау Сидт «Ирон фæндыр», Ссæста сонт æрвиæрдау Сау мигъты дзыгуыр. Ирæй уа, уырысæй... Айхъуысти йæ ном, Цавта цыргъфындз сисæй, Джебогъау, æргом. Уыд цæстдард йæ фæдыл, Баййæфта-иу хатт, Къух нæ систа фæндыл, Уый зынтæй нæ тарст. Уырысæн ис Пушкин, | Махæн та — Къоста, Дзыллæты хурзæрин, Амондмæ хуыдта! 10
Самадта йæ мæсыг, Хохау у бæрзонд. Ам æрцард нæ «фæрныг», Рухс дзуарау — йæ конд! * * * Мæ мад Гаматы Софийы — Челдионы мысгæйæ Æгæр раджы бацис сидзæргæс, Йæхæдæг нырма уыд æвзонг. Йæ къайы фæстæ йыл — ыстыр хæс: Йæ сабитæ ма уой ыстонг. Йæ цардæмбал загъта йæ фæдзæхст: «Нæ чысыл сабитæ — дæ бар, Куыд нæ феной царды фыдæвзæрст, Æз нал дæн пайдайаг, ныббар!..» Дзырд радта йæ цуры хъæддыхæй: «Ды ма тыхс, мæ бар-ма сæ уадз!..» Хъазуат фæллой кодта цæнгдыхæй, Иæ уынаффæ, хъуыддæгтæ — уаз. Иæхимхуызон сидзæргæстимæ — Хуымгæнæг, хуырласæг, хъæддзау, Йæ чысыл, йæ хайуан — бæхимæ Иæ арæхст, йæ бакуыст — лæгау... Арт цагъта йæ сидзæрты охыл, Иæ сонт уд нæ зыдта æнцой; Фæзминаг — фæллойады тохы, Хъуыстгонд уыд йæ сæрæны кой. Ирон царды мидæг — дзырддзæугæ, Сатанайау — сойарм æфсин, Иæ цæхх, къæбæр ’нæвгъауæй дæтгæ, Кæддæриддæр уазæгыл — цин. 11
Фæбадти ныййарæг кæронмæ, Уый никæд фæкодта фæсмон. Йæ сабитæ кастысты коммæ, Лæвæрдтой йæ удæн æхцон. Чындзагæн ныхасуæндон — иумæ, Ысбаста йæ хиуыл бынтон, Куы баисты хъæбултæ бирæ, Йæ цинæн уæд нал уыд кæрон. Зæрин тынау ирд уыд йæ удварн, Уый хиуæтты баста æнгом, Йæ куырыхон зонд æмæ йе ’фсарм Уыдысты нæ астæу бæстон. Чырыстийы рухсы — дæ бадæн... Дæ фарнæй хæрзаудæн кæн, Дæ фæллой, дæ хорз фæды кадæн Мæрдтæм дæр нæ арфæ — дæуæн!.. ÆГÆРОН ЦИН Ме ’ртыккаг фæлтæры фыццаг хьæбул Заурикы номыл Зæнджиатæм равзæрди ноггуырд, Уый — Мадымайрæмы лæвар. Æрцыдис фæрнджын лæджы ракуывд: Лæвæрд сын кæхц кæнынæн бар. Заурик, дзæбæхæй нын байрæз, — Нæ бæллиц, нæ уалдзыгон хур! Гуыбынæй ыстыр амонд рахæсс, Дæ фæндагыл ма уæд цæлхдур! Фæдзæхсæм дæ Хетæджы дзуарыл, ,Уæд Уастырджи алкæд дæ фарс, Куыд хæцай нæ фыдæлты фарныл, Куыд дæм уа ирондзинад карз. 12
Фæбæрзонддæр кодтай нæ нæмттæ: Ныр нæ чи — нана, чи — баба. О, курæм Хуыцау æмæ зæдтæ, Заурик ыстыр лæг ысуа! Хæрæфырт хæстæджыты астæу, Ныр Бузартæй радомдта хæс: Мыггагмæ хæстæгдзинад бастæн Фыркъа-нывонд, амонд æрхæсс! Цæй адджын у ног равзæрд кæстæр, Уый цас дæтты зæрдæйæн хъарм! Куы рæза нæм амондджын фæлтæр, Æфтдзæни Ирыстоныл фарн. * * * Ллагиры сопротивленит мысгæйæ Æрымысæм арæх нæ завод, Иæ руаджы фæрнджын уыд нæ цард. Уыдис ын ыстыр хæстæ баргонд, Хъуыстгонд уыди дардыл йæ кад. Гуылф кодтой нæ дзыллæтæ ардæм, Æлвæста сæ райдзаст бынат. Ам ссардтой нæ куыстуарзон æдæм Зæрдæрухс, бæллиццаг куыстуат. Рæзыд дзы нæ уарзон фæсивæд, Уæлдæр ахуырадмæ — фæндаг. Нæ кодтой æгуыстæй уæд ривæд, Нæ уыдысты цардæй хъæстаг. Æнæвгъауæй алчи йæ хъару Лæвæрдта, сæ архайд — æмзонд. Хъазуатон куыст алкæд нымад у, Хæрзиуæгджын — кардзыд, æвзонг.
Фæзынд ам уæладзыг хæдзæрттæ, Сæ алыфарс — иууыл цæрæг. Куысты уа, сыхбæсты — хæлæрттæ, Æнгом цард, куыд мадызæнæг. Æрымысæм арæх нæ завод... Фæзындис ыл ног дуг фыдмæ: Иæ хæлæттаг цæсгом нæм раргом, Нæма схæцыд хиуыл нырмæ. ЦЫТДЖЫН ИНÆЛАР Мамсыраты Хаджумары 100 азы юбилеймæ Фыдæлты фарн, æхсидæн хæхтæ, Нæртон цыкурайы фæрдыг, Сæрбæрзонд сахъгуырдтæй нæ бæстæ, Сæ фæрцы Иры зæхх — фæрныг. Цыфыддæр знаджы хæст, гæныстон, Фыдбонтæ цас æрхаста, цас!.. Уæлахиздзау хъæбатыр хæстон, — Йæ уд æппын нæ зыдта тас. Йæ арæхстджын æсгæрстæй кодта Æргом фыдæзнаджы фæндтæ. Æфсады раздзог стыр ард хордта: «Æрра сырдæн — фæндаг мæрдтæм!» Хæрзиуджытæй æмдзаг — æндон риу, Цæхæрау — стъалыты æрттывд. Йæ цыт уæлахизимæ баиу, Нæ зæххæй знаг æрцыди сырд. Нæ кæны рох нæ Ир хъæбулы, Фыдзаман чи басгуыхт хъайтар, Кæцы хæсты быдыры ’мбулы... Хаджи — нæ цытджын инæлар! 14
СÆ УЫНД ДÆР ХÆДЗАРÆН ЙÆ ФАРНУ Хистæр адæмы бæрæгбон — 1-æм сентябрмæ Буц хистæртæ, цас федтат фыдæбон Хæсты уа, тыхст заманты, куысты! Раст ма уе ’мбал у хæххон Æрыдон — Абон дæр къæдзæхдуртæ ыссы. О, фæлæ бынтон нæ байсыст хъару, 'Рттивы ма уæ цæстæнгасæй хур. 'Рмæст уæ уынд дæр хæдзарæн йæ фарн у, Ис уæ дæле ахсджиаг бындур. Карз тохы æзнаг уыдис æгъатыр, Фæлæ йын ныббыхсыдтат сымах. Разындыстут сау арты хъæбатыр, Басыкк кодтат дунеон бæллæх. Цæрджытæ æрвыстой алцы хæстмæ, Куыстхъомтæ фæсчъылдымы — æххуыс... Фæлæ та, куы ссæрибар нæ бæстæ, Бацайдагъ хъазуатон ерыс-куыст. Уе стырдæр цин — амондджын кæстæртæ, Сабиты рæвдауын уын — æхцон. Дарут ныфс, кæй сисдзысты уæ фæстæ Фарны тырыса æнæцудгæ, бæрзонд! Не ’руадздзысты уыдон кад дæлæмæ, Рох нæ уыдзæн рагфыдæлты ном... Ныфс, хъару, ирондзинад — æмбæлгæ, Уе сгуыхттæ, уæ фыдæбон сын — зонд. Хистæртæ, кæнæм уын ахæм арфæ, Кæстæртæй куыд æййафат рæвдыд, Уæнт къæрцхъус кæддæриддæр сымахмæ, Цæмæй царды ма ’руадзой рæдыд! 15
ХÆРЗУДÆЙ ÆФХÆРД ХО Мæ иунæг æфхæрд хо Хадизæт, Нæ зыдтам фыды рæвдыд мах. Нæ мадмæ æрхауди ыстыр мæт, Хъысмæтæй тызмæг цард — дыдагъ. Æстдæс æмæ ссæдз азы дæргъы Дæ хъæбулæн фу-фу кæныс. Уый не сты, æнæ ’ххуыс нæ хæры, Зæрдæхалæн зынæн быхсыс. Ды бавзæрстай бирæ фыдæбон, Бæргæ сæрæн уыдтæ кæддæр. Рынчынгæс кæм уыны хæрзæбон, — Дæ хъару нæ асаст уæддæр. Ды, мадау, дæ царды дзырддзæугæ, Сыхбæсты, хъæубæсты — нымад. Дæ раныхас рады — æмбæлгæ, Уыдис дын дæ куысты дæр кад. Гъе уæддæр дæ кæстæртæй — райгонд, Ыссардта дзы алчи бынат. Дæ удварнæй — уыдонæн хайгонд, Нæ сæ дæ æппындæр хъæстаг. Ды уарзыс хæстæг, хион бирæ, Хæцыс сыл дæхимæ æнгом. Дæ бæркад, дæ къæбæр цæххимæ... Хъуыстгонд у дæ кæрдзындæттон. Ныр бадæ дæ хъæбултæн нана, — Уадз царды ыскалой цæхæр. Сæ цинæй дæ зæрдæ куыд райа, Гъе уый охыл ’нæнизæй цæр!.. 16
РАЦАРÆЗТЫ ФÆСТУИДЖЫТÆ Заманы — зæрдæрухс цаутæ... Фидар не стыр ныфс — Цæдис, 'Рбайхæлдтой йæ мидцардхалтæ, Фестад царды уаг фæдис. Заманы — зæрдæрухс цаутæ, Цард — бæркадæфсис, фæрнджын. Гъеныр та хæлæфы хъалтæ Се стыр мулкæнцой — тыхджын. Заманы — зæрдæрухс цаутæ, Скъола, рынчындон — лæвар. Гъеныр та ыстыр æхцатæн Иууыл хъуыддæгтæ — сæ бар. Заманы — зæрдæрухс цаутæ, Бархи алкæмæн — куыстуат; Нал ныр кæстæртæм нысантæ, Нæй сæ хъаруйæн сæрфат. Сарæх ныр фыдракæнд цаутæ, Дуг ныл рахатти æваст, Сау тыхтæн — æнæфыст бартæ, Лæг кæмæн ракæна хъаст?.. ЛÆГСЫРД ÆМÆ ЙÆ ХИУÆТТÆ Æмбисонд Рауади, иуахæм, сырдтæм ныхас: Чи у «лæгсырдæн» йæ хион, йæ фарс? Домбай ысхьырныдта: «Уый — æз, æлдар... Сырдтæ мын иууыл — фæсдзæуин, дæлбар!» Сбогъ кодта зылынкъах: «У мын æрвад, Стæм мах хъаруджын, хъайтартыл нымад! Ноджы йæ зонут, кæй уарзын æз ма... Уый дæр мæн хуызæн, мыды къус, дзидза!» 17
Бирæгъ нынниудта: «Мæ къордæй у уый, Махæй зыддæр æмæ тугдзыхдæр чи?!» — Дзæгъæлы стох ыстут, рувас зæгъы, — Мæнæ мæнау у хуыснæгдзу гæды! Маймули фестъæлфыд: «Ме ’нгæс — йæ конд, Гъе, стæй кæрæдзимæ ’ввахс у нæ зонд!.. Зонынц æй адæм: у махæй æвзæрд, Æрдзæй нын иу фарн: «хъæддаг» ном лæвæрд!» Изæрæй райсоммæ не ’нцад сæ дзырд, Æмæ сæм уалынмæ се ’мсæр фæцырд: — Гъе, тугдзых сырдтæ, цы стаут уæхи, Уе ’хсæн мæхицæй фыддæр сырд кæм и?.. Бузныг, уæ нысан кæй барут мæныл, Фæлæ уын æй, куыд æфсымæр, зæгъын: Раст у уæ алчидæр, сырдтæ — хъæддаг, Фæлæ мæхæдæг — æгъатыр æзнаг. НÆ ИРЫСТОН Ирыстон — нæ зæрдæ, нæ райгуырæн зæхх!.. Дæ цъитиджын хæхтæ, дæ быдыр — уæрæх! Дæ хуымгæнд — бæркадджын, ис хизæнтæ фаг, Дæ къæдзæхтæ нуарджын, хуызджын згьæрæй—дзаг! Дæуыл у нæ зарæг, дæуыл кæнæм цин, Дæ фарн у нæ дарæг, ды хур дæ — зæрин! Нæ фыдæлты намыс, сæ кад æмæ цыт Фæцудын нæ уадзыс, стæм уымæй рæвдыд. Нæ разагъды лæгтæ... Кæнынц нæ æнгом, Дунейы бæстæтыл хъуыстгонд у сæ ном. Ды никуы æрхастай дæ сæрмæ къæлæт, Фæлтау-иу ыскарстай: «Хуыздæр мын—мæлæт!..» Дæ номдзыд хъайтартæ — уæлахизæргом, Зынгæхсыст нæ бартæ... сæ фесгуыхт — нæртон. 18
Нæ ирон æгъдæуттæ — кæм сын ис æмбал, Æппæлынц хæлæрттæ: «Нæ зæрдæ сæ хъал!» Нæ бæрнхæссæг лæгтæ — дзырддзæугæ, уæндон, Сабыр цард — сæ фæндтæ, сæ нысан — бæстон. Нæ горæттæ, хъæутæ фæлгонцгонд, хæрзуынд. Кæстæртæ æййафынц æдзухдæр рæвдыд. Йæхи дыл æндадзы цал адæмыхатт!.. Æмцæдис, æмзондæй у иумæ нæ цард. Фыдæлты уæзæгæй зынаргъдæр нын нæй, Нæ адæм, нæ хъæстæ цæрæнт нын фæрнæй! ПОЭТ РÆМОНТЫ ГЕОРÆН Ссе удварн арвы бын — æнусон. Сæ ныхмæ цас фæнды дæр кус, Зæххыл Рæстдзинад æмæ Рухсæн Сæ бынæй ничи суадздзæн рухс. Рæмонты Г. Царды рухс — дæ бæллиц, Де ’нæуынон — тар, Фарныстон — дæ къæбиц, Зинæн дзы нæй бар!.. Хурзæрин — дæ уацмыс, Рухсады куырдадз. Сау тыхтыл æндзарыс, У дæ тæрхон карз. Арвайдæн — дæ сисвæд, Алы дзырд — фæлгонц... Байтауын — хæсæвæрд — Зæрдæты уæлмонц. Фарны ’гъдау нæ уадзыс Бамынæг кæнын, Хи ’взагмæ уарзт дарыс Зæрдæйы рæбын. 19
Рухсады зæрингуырд, Фидæн дæ хынцы! — Комкоммæ рæстаг дзырд Амондмæ тындзы. КАДДЖЫН СЫЛГОЙМАГ Гапты-Цъæхойты Настяйæп Нымад дæ нæ хъæубæсты, Настя, Хъуыстгонд у сыхбæсты дæ кад. Дæ фарн дæ рæствæндагмæ хаста, Фæллойады алкæд — нымад. Ирондзинад, æгъдæуттæ уарзыс, Дæ зæрдæйы скодтой бынат. Нырыккон фæлтæрæн сæ хъарыс, Куы ссариккой царды сæрфат. Дæу агурынц алы æгъдæуттæм, — Сатанайау дзуапджын, рæдау. У ахадгæ де змæлд сыхбæстæм, Дæ хъару нæ кæныс авгъау. Ды заводы мастеры куысты Хъазуатон цæхæры — фыццаг. Дæ æнувыд ерыс-æнтысты Бæрзонд уыд дæ удварны рард. Хуыцау дын лæппу кæд нæ ратта, — Дæ чызджытæ не сты дæлдæр. Сæ амонд дзы алчи ыссардта, Рæвдыд сæ æййафыс ды дæр. Кæнын дын зæрдæбынæй арфæ, Дæ кæстæрты амондæй цæр! Дæ зæрдæ куыд зæгъы, уæд афтæ: Хъæбулы хъæбултæ — фылдæр! 20
ФЫДЛÆДЖЫ МÆЛÆТ Æмбисопд Иу хъилхъус хæрæг, фыргуыстæй фæллад, Адзæгъæл иуахæм, хизгæйæ, дард. Фемдзаст тыхтонамæ: дисау кæсы: Мæлæтдзаг хæрæгæй лæг хуым кæны. Бастади, мæгуырæг, нал у йæ бон, Лæдзæджы цæфтæй нырраууат бынтон. Ауæдзы афæлдæхт, банцад йæ уд, Систа тæфæрфæсæн цъаммар йæ худ. Мидбылты бахудт, йæ хъуыды дæр нæй... Бахуым æй кæндзынæн, загъта, лæгæй. Фæрсаг хæрæгæн фæтызмæг йæ каст: «Райсдзынæн, агъæц, дæуæй æз йæ маст!..» 'Ппын ницы зонæгау, сонтæй фæрсы: «Хорз лæг, мыййаг, дæ хуымгæнæг хъæуы?» Бацин: «Гъеуый мын — ахъаззаг æххуырст!.. Фæззæджы райсдзынæ хорæй дæ мызд. Гъер та, уал, цом æмæ бакæнæм хуым, Улæфгæ, хизгæ дæр, афоныл — уым.» Сразы ис, ахæцыд, бацайдагъ куыст, Фæлæ æфсонæй йын цастæ æнтыст. Стæй, цыма срынчын и, загъта: «Мæлын!» Атылди, нал касти, райхъуыст хъæрзын. Фыдлæг ыскатай: «Куыд ма кæнон ныр?!.» Ифтындзæн бæндæны атъыста хъуыр. Фæлæ фыдракæнд нæ бары Хуыцау, — Хиуыл æрцыди фыдбæллæхы цау. Иуцасдæр ауади, дзывыр нынныхст, Бæндæн ныссуйтæ, йæ хъуырыл ыстыхст. 21
Удхор ныдздзагъыр и... Хæрæг йæ раз, Джихау æй афарста: «Уый ды дæ, гас?.. Гъамарджæ, феххуыс кæ, ме ’ххуырст куы дæ!..» Алвæста хурхысæр бæндæн уæдмæ. Гъеуæд æй бамбæрста: ’рцыди кæрон, Кодта ма ’рæджиау йæ митыл фæсмон. Хъилхъус ысрæцыгъта: «Фидыс дæ хæс, Хæрæджы цур дæ нысхойдзынæн æз!..» НÆ ЦЪИТИТÆЙ ЦÆГАТ ПОЛЮСМÆ Социалистом Фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийæн Хæххон хъуыдыдзаст лæппу Юри... Йæ уарзон Тибы хъæу — йæ мад. Бæргæ йын бæллицтæ фæдзурид, Куыд хæссынц удмонцтæ йæ дард... Æвзонгæй арф хъуыдытæ сæрмæ Цыдысты, нал зыдта æнцой: Кæдæм æзгъорынц цъити-дæттæ? Хъуыста-иу денджызæн йæ кой. Уыдта бæрзонд уылæнтæ фыны, — Сæ тых, æнæкæрон тыгъдад. Цæугæ хох — стыр нау ныр йæ быны, Йæ фæндаг Их океанмæ — дард... Бæстæ йын бабар кодта стыр хæс: Цæгаты полюсмæ — йæ балц; Нæ фæтарст цъитихсыст цæхæрцæст, Зæгъы: «Мæ уды бар æй уадз!..» Тындзы йæ атомдых нау размæ, Нывæнды их кæрдгæ фæндаг; Æрлæууыд полюсы хæдфарсмæ, — Йæ тых ын басаста фыццаг. 22
Æрттивы ирд стъалы йæ риуыл, Уыдис нау «Арктикæ» йæ бар. Æхсызгон цау æрцыдис Ирыл: Ыссис фæллойады хъайтар. Йæ кой æппæт бæстæтыл айхъуыст, Йæ сгуыхтæй бафтыдта сыл дис: «Нæ разæй Цæдисæн куыд бантыст?» — Уыдис нæ фыдгултæм фæдис. * * * Хуыцау нæ рафæлдыста цардæн... Лæгæй уæлдæр цæрæгой нæй, Лæгсырд йæхи сæры æгадæн Вæййы æвирхъаудæр сырдæй. Бæгуы, ыстæм куырыхон, зондджын. Æсгарæм зæххы конд, уæларв, Фæлæ æгъатыр у ливорджын, Фыдгулы тугмондаг цæф — тарф. Куыд ысхонæн ис лæг-цъаммары, Кæнæ та чи рауадзы хæст?.. Рæстаг лæг искæмæй цы дары? Æфхæрдæй хъуамæ уа фæдзæхст. Зæхх нын у иумæйаг, нæ цæрæн, Фæхæрынц адæм уымæй ард. Æрмæст Хуыцауыл хи фæдзæхсæм, Æрмæст нын уый лæвæрд у цард. Ысбаддзæн адæймаг йæ гаччы, Куы суа æнæуынон лæгмар, Куы нал уа цардхъомысæй хъауджы, Мæгуырæй, бонджынæй — æмбар. 23
ÆППÆТИРОН БÆРÆГБОН НАРЫ О Къоста, нæ æнæмæлгæ гени! Махæн дæ нæ рухстауæг, нæ хур! Ех, бæргæ, куы ракæсис, уæд фенис: Нал и ныр дæ «Додой»-æн цæлхдур. Хаст уыдтæ йæ заманы Херсонмæ, Кодтой дыл цъыфкалæнтæ æдзух; Мастæй фыхт дæ æфхæрд уд фыдгоймæ, Иу уысм дæр зынтæй нæ уыдтæ цух. Не ’рынцад сæ æбуалгъ тох дæ фæстæ, Схуыдтой дæ æзнаг-националист, Агуырдтой æппæт мæнгдау фæрæзтæ... Чингуытæ кæсыны барæй — ист. Фæлæ нæ!.. Рæстдзинадæн нæй сæфæн, Арвыл хур куыд нæ кæны мынæг, 'Рцыди дуг «Ирон фæндыр»-ы зæлтæн, — Мах — хъуытазхъæлæс мыртæй хынцæг. Фенис ма ды Нары хъæуы ноджы: Рухс музей, хæххон айнæгыл цырт, — Дисы ’фтауынц зæронды, æвзонджы, 'Рттивдзæн рындзæй мин æзты дæ цыт! Кадджын ам бæрæгбонтæ дæ номыл, Аргъуанау — дæ райгуырæн бынат, Азæлынц зæрдиаг арфæтæ комыл, Дзуарау дæ Ирыстонмæ нымад. Базмæлынц дыууæ Иры дзыллæтæ, 'Рымысынц дæ ныфсхаст тох, дæ цард; Джихгаст фестынц минæвар хæлæрттæ, ’Фенынц ам, нæртон Къоста, дæ кад! 24
КУЫРЫХОН СЫЛГОЙМАДЖЫ ФАРН Магкæты Лзæйы — Реуазоны ном дзы арын Сатана дæ сыхбæстæн, Азæ! Бæрзонд у хъæубæсты дæ кад. Цæуы дыл цыппарыссæдз азы, Кæныс ма гъеуæддæр лæггад. Дæ конд къæбæр, арахъ, бæгæны Бæрæг дарынц — койгонд бæстон; Сæ хæрздæф былалгъыл æмбæлы, Сæ бæркад æвæджиау, нæртон. Ды хъомыладон бæрнон куысты Лæвæрдтай дæ хъару, дæ зонд. Ныр уыдон егъау лæгтæ систы, Хæссыс сæ дæ урс сæр бæрзонд. Дæ чызджытæн, чындзытæн — мадау, Дæ зæрдæйы хъарм сын дæттыс; Æвидигæ хорзæхты цадау, Сæ удтæм ирон фарн хæссыс. ... Фæлмæн дзырдæй атайдзæн их дæр, Дæ цæстæнгас, ирд мæйау, — рухс; Дæ рæдауарм банкъардзæн цъиу дæр, Дæ бæркадæй алчидæр — буц. Хæрзмыггагæй хорз тау ысзыны... Дæ кæстæртæ царды — бæззон, Æгъдауджын, рæстырдæм сæ хъуыды, Сыхбæсты хъуыддæгтæм — æнгом. Кæнын дын зæрдæбынæй арфæ: Сæдæмæ дзæбæхæй фæцæр! Куыд бакува ног чындз дæ фарнмæ, — Ь1сулæфис гъеуæд ды дæр. 25
* * * Дохтыр Легкойты Петры фырт Барисæн Æрхаста æхсызгон цау Ног аз: Зындгонд дохтыр басгуыхт Барис. Хирургæй фæкуыста æртын аз, Сæйрагæй дыууын аз фæцис. Хæрзаудæн рынчынтыл кодта, Нæ тарсти уый царды зынтæй, Æхсæвæр афоныл нæ хордта, Афоныл нæ кодта фынæй. Рынчындоны хицау уæвгæйæ, Йæ уагæвæрд, фæлгонц — бæстон; Нæуæгдзинад куыстмæ хæсгæйæ, Наукон фæрæзтæм — уæндон. Хъæппæрисджын, карз уыд йæ домæн, Йæ ныфс ын нæ саста цæлхдур. Æвадат уæды рынчындонæн Ыскодта ахъаззаг бындур. Æхцон нын у абон йæ цинад: Ирыстоны номдзыд ысси, Уый равдыста царды лæгдзинад, Æнтыстджынæй размæ цыди. Йæ кæстæртæй зæрдæ у райгонд, — Рæствæндагыл царды цæуынц. Гъеуый у йæ бæллиццаг амонд, Йæ ирд фæд ын дарддæр хæссынц. Фæкардзыд, фæхалас йæ сæр дæр, Нæ музейы ’рцарди йæ кад. Лæггад нын кæны ма гъеныр дæр... Уæд арфæйаг не ’хсæн йæ цард!
ЗЫНЫ ЙÆ ИРД ФÆД НЕ ’ХСÆН Парламенты депутат Дудиаты Черыхьойы фырт Моисейæн Сæрбос уыд районæн нæртон лæг, Советон партийы бæрнон... Моисей — уæздан æмæ хуымæтæг, Иæ куысты уагæвæрд — бæстон. Фæллойы ’нтыстытæм фæдгæрдæг, Нæ кодта хъару, зонд æвгъау. Хъуыддагæй — адæмæн ныфсдæттæг, Йæ туджы — рагфыдæлты ’гъдау. Æхсæв хуыссæг-иу ыл нæ хæцыд, Быдыртæ, заводтæ — мæтаг... Æнæ басгаргæ сыл нæ хъæцыд, Зыдта, кæцæй цæуы бæркад. Бæрзонд æвæрд æм уыд рæстзинад, Æвау йæ хъæппарисджын куыст. Уый домдта хицæуттæй лæгдзинад, Æмбæрста кусæг лæджы тыхст. Куы раивта уæды дуг, абон Нæуæгæй бæхъуыди йæ сæр... Æууæнкджын, адæмæн — цæстуарзон — Æрцыд Парламентмæ æвзæрст. Ныууагъта ирд фæд Алагиры, Æдзух нæм рауайы йæ кой... Хъуыстгонд йæ бæрнон куыст нæ Иры, Нæ зоны гъеныр дæр æнцой. 27
ФÆЛТÆРДДЖЫН РАЗАМОНÆГ Тедеты Резойы фырт Пъауылы рухс номарæн Тедеты Пъауыл — бæрнон лæг... Кад æмæ радæй йæ куыст. Ирыл рæсугъд цард æфтауæг, Дардыл йæ лæгдзинад — хъуыст. Дзыллæты астæу дзырдарæхст, Амондджын цардыл — йæ тох. Районы фæлгонц хæрзарæзт, Хъуыддæгтæй ницы уыд рох. Баззад йа ирд фæд зæхгуысты, — Фæззæджы фæллой — бæркад. Гъер дæр æй колхозон мысы, Бузныгад — алкæд йæ рард. Йе стыр хъару æмæ зондæй Басгуыхт хæларады ныфс. «Сыхæгты» н’арæнзæхх домдæй Ма руадза дзыллæтыл тыхст. Рухсаг у, дзæнæт — дæ бынат, Мады хъæбысау дын-зæхх. 'Хсысти дæ туджы лæджы фарн, Цардуарзон зæрдæ — уæрæх. 28
ТУАЛГОЙМАГ БÆРНОН КУЫСТГÆНÆГ Алагиры хъæууон хæдзарады управ- ленийы фоскуысты сæйраг специа- лист Челдыты Хьазыбегæн Хъазыбег районы — нымад лæг, Уыд заман — колхозы сæрдар... Фыдæлтау фос, зæххы куыст уарзæг, Сæ хъысмæт бацис ныр йæ бар. Ирон æгъдæутты у дзырддзæугæ, Йæ уæнгты — фыдæлты æфсарм; Йæ радзырд цины, зианы — ’мбæлгæ, Хæссы куырыхон лæджы фарн. Æлвасынц æй сæхимæ хæхтæ, — Æнусон суаргуырæн бынат; Иæ сойджын фосхизæн сæрвæттæ, Кæддæр цæргæ-нæргæ хъæууат. Хæххон гуырд не суæлæхох хæхтыл, Кæцыран райгуырд æмæ цард. Зæрдиагæй архайы йæ хæстыл, Нæ бады иу уысм дæр æнцад. Фæхизынц хъом æрæгвæззæгмæ, — Ысвæййынц цъитиæнгæс — нард; Æфтыйаг стуры фыд лæвæрдмæ — Йæ нысан фосрæгъæутты дард. Хæхбæсты ’нæсысгæ бæркадæй Æвæджиау сой, дзидза, къуымбил. Хуыздæр нæй фос дарынæн ранæй, — Æппæт Ирыстоны фæзил. 29
РУХС ЦАРДЫЛ ТОХГÆНÆГ Гæдиаты Секьайы 150 азы юбилейы фæдыл Гæнис-хъæу талынджы мæцыдис, Нæ йæм каст хуры тынтæ фаг. Секъа, хæххон лæппу, цымыдис, Ыссардта рухсадмæ фæндаг. Зæрдæргъæвд, хорзæхгонд уыд зондæй, Цы хъуыд йæ сомбонæн хуыздæр?.. Йæ курдиат раргом и æвзонгæй, Кæцы у ахадгæ ныр дæр. Фыдау ыл баузæлыд сауджын, Кæй фæрцы базыдта фыссын. Секъа — хæрзконд æмæ æгъдауджын, Йæ зæрдæ рухс цардæн — фысым. Йæ тох уыд дуджы сау тыхтимæ, Уыдта уый адæмæн сæ рис; Йæ цыргъзонд фыст æмбисæндтимæ Хъæр кодта адæммæ фæдис. Йæ фæдзæхст кæстæртæн — бæззонмæ, Куыд сæм уа царддомæнтæн зонд, Куыд кæсой ныййаржыты коммæ, Куыд уа ирон æгъдау бæрзонд. ÆРБАЛÆУУЫД УАЛДЗÆГ Ма ниу, уад-дымгæ!.. Хъызт фæфæсвæд и, Хур фæсхох хъуызгæ, Кæс, фæуæлдæр и. Æрдз йæ урс пæлæз Систа — атади; Къæдзбырынкъ цæргæс Цуаны ратахти. 30
Зæхх ысулæфыд, Уæнгтæ айвæзта, Хъæрмуд комытæф Дардыл анхъæвзта. Дæтты хъал сæр-сæр Кæмттæй райхъуысти, Бур арс хуыггомæй Узгæ рахылди. Бацыд сæрджын саг Урс æхсæрдзæнмæ, — Фена доны гæпп Былæй цæвæнмæ. Галдзæбидыртæ Хъазынц айнæгыл, У сæ цины сæр Райдзаст уалдзæгыл. Тархъæд райхъал и Цъиуты зарынмæ, Быдыр базмæлыд Хуымтæ тауынмæ. ЦИН ÆМÆ ЦÆССЫГ Уæлахизы 60 азы юбилеймæ Уæлахизы стъалы æрттивы, — Хæссæм дзы бæрзæндты нæ сæр. Æхсай азы адæмтæм сиды, Куыд нал фенæм хæсты цæхæр. Хæлардзинад бæстæтæн басгуыхт, Ныффидар æууæнкдзинад, баст. Лымæн цард сæ зæрдæты бахызт, Кæрæдзи ’хсæн нал зонынц маст. 31
Хæстонтæ лæгæвзарæн тохы Æвдыстой æхсар æмæ ’нтыст. Хъайтартæ нæ уыдзысты рохы, Фыдæзнаг — æнустæм æлгъыст. Мæцыди нæ Сырх Æфсад арты, Кæй пиллоны тади цæнгæт. Уый хъахъхъæдта н’адæм, нæ барты, — Цагъайраджы бæсты — мæлæт! Нывондæн æрхастой сæ удтæ, Сæрибарыл радтой сæ цард. Сæркъулæй сын сисæм нæ худтæ, Сæ номæй фæхæрæм мах ард. Ныр абон Уæлахиз æнкъарæм, Нæ монцтæ дывæндон кæнынц: Нæ зонæм, æнкъардæй куыд зарæм, Нæ зынгхуысттæ зæрдыл лæууынц. Куыд фехæлд нæ Цæдис, ныддихтæ... Гъеуæддæр Уæрæсе — домбай, Фæиуварс уыдзысты йæ низтæ, Аккаг цардæн суыдзæн æмкъай! ИРОН ÆВЗАГ УДЫ БÆРЦ УАРЗЫН Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, Хæрзиуæгджын фестæм æрдзæй. Фыдæлтыккон дзырдтæй у дзаджджын, У хъомысджын фарны уæзæй. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын. Куы фенын æз дард ран ирон, Уæд зæрдæ фырцинæй ысхъазы, Вæййы мын йæ ныхас æхцон. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, — Къоста ’мæ Васойы бындур.
Æдзух сын сæ суадонæй нуазын, Æрттивы йæ гуырæнæй хур. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, — Æвидигæ фарны къæбиц. Хæзнаты сæрыл æй нымайынц, Нæ Иры дзыллæмæ — æмхиц. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, Æвæрд нæм куы уаид бæрзонд, Нырыккон фæлтæрæн æй хъарын, — Куы дзы исид фыдæлты зонд. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, Нæ мадæлон æвзаг — нæхи!.. Кæмæ уа ирон æвзаг кадджын, — Ирыстоны уарздзæни уый. Ирон æвзаг уды бæрц уарзын, Æрттивæд æнустæм фæрнæй!.. Мæ зæрдæйы рæбын æй дарын, Гъеуымæй зынаргъдæр мын нæй! МАДЫ ХÆС НИЧИ БАФИДДЗÆН Мад... Ам цас фарн æмæ хъарм и!.. Мад у къонайæн йæ хур; Хуры тын — йæ чысыл саби, Саби — бинонты бындур. Мады уаргъ æгæр уæззау у, Ничи бафиддзæн йæ хæс. Ма йын бавгъау кæ дæ хъару, Армытъæпæны йæ хæсс. Мады ’нæхуыссæгæхсæвтæ... Авдæн узгæйæ — фынæй; Цастæ уромынц йæ фæрстæ! — 'Нцой зæрыбон дæр ын нæй. 2 Гаматы Иван
Мады фæлмæн къух — бæмбæгау, Нæй йæ хъавгæ цæфы рис. У йæ хъарм хъæбыс дзæнæтау, Уый хæстæг нæ уадзы низ. Мад-иу аходæн хæргæйæ Сисы адджындæр комдзаг 'Мæ йæ, арфæтæ кæнгæйæ, Скæны хъæбулы фыццаг. Свæййæм бинонджын нæхæдæг, — Стæм ын сабитæ уæддæр; У зæлдагзæрдæ хæрзгæнæг, Ма уæм искæмæй дæлдæр. Мады стыр хæрзтæ нæ хъæуы, 'Рмæст æм ма ’руадз, макуы, маст. Буц, рæвдыд зæрдыл фæлæууы, — Уый тыхджындæр кæны уарзт. Мад куы уа дæ уæлхъус царды, — Макуы схон дæхи мæгуыр... Йе уæнгты зæды фарн бады, — Зæрдæ — дидинты быдыр. Тавы мады фарн мæрдтæй дæр, У йæ аудын æвдадз. Хъуамæ ма уа рох дæуæй дæр, — «Рухс» ын кæ йæ фынджыдзаг. УСГУРÆН НЫСТУАН Домы цард лæгæй лæгдзинад, Усгур лæппуйæ — хъуыддаг. Уый куы ссара фарны цинад, Уæд лæгыл уыдзæн нымад. Ма саф дзæгъæлы дæ рæстæг, Ма кæ амондæн тæргай... 34
Кæд хъуыддагафон æрхæстæг, Уæд ыссар рæхджы дæ къай! Бонæмгъуыдтæй цард нæ рæзы, — 'Нæ сылгоймаг къона — хаст, Артдзæст удыхъарм нæ хæссы, Нæй дзы сабиты цъæхахст. Абадгæ лæппу — фæсмойнаг, Исы уайдзæфтæ, ныхкъуырд. Свæййы иунæджы цард койаг... 'Нæныфс алцæмæ, фырнымд. Цард цæрынæн у, мæ хæлар, — 'Рмæстдæр иунæг хатт лæвæрд. Афоныл дæхи æрæмбар, Стыр бæрнон хæс дыл — æвæрд!.. АВДÆН Авдæн авд гуырды ном хаста, Авд сывæллоны сынтæг. Мад сæ радыгай уым баста, Афæдз се ’хсæн уыд рæстæг. Авдæны фарн — сабибæрнон, Удмæ ма руадза фыдæх, Байрæза рæсугъд сывæллон, Уа йæ цардвæндаг уæрæх. Рохуат баззадис ныр авдæн, Цары ’вдисæнæн лæууы. Цот зыбыты иунæг мадæн, Дыккаг никæйуал хъæуы. Уый нæ сагъæсы æфтауы... Саби — сомбон у, нæ хур. Бамбар, чындз, дæ удмæ хауы, Ратт бæзджын мыггаг — бындур! 35
ФÆСМОН Фау хæссын, æмгъуыд кæнынæй Никæд сырæзы хъуыддаг; Бамыр вæййы цард йæ цыдæй, Сæфы амонды фæндаг... Ус курын афон æрцыди, Фæлæ уыд тæссонд йæ уарзт: Чи йæ зæрдæмæ нæ цыди, Уыд кæмæдæр та ныфссаст. Амонд агурæг фæзылди Къорд азы хъæуæй-хъæумæ; Бæстырæсугъдмæ бæллыди, Сæр фæхалас и уæдмæ. Пъæззы йе уæнгты ныббадти, Асаст зæрдæйæн йæ ныфс; Сæнттæй иу мисхал дæр нал и, Йе стыр рæдыд ыл æртыхст... Лæг йæ мидкатайæ баруад, Кæрт — æнæ цъæхахст — ныхъхъус. Мад йæ фырты мæтæй батад, Зæрдæ нал æнкъары рухс. Ды, лæппу, хуыздæр зонд равдис!.. Удæн цардæмбал у къай! Афоныл хъуыддаджы фарн ис, Хорз амонд фæуæд дæ хай! ÆВЗОНГ ЛÆППУЙЫ ФÆНДОН Байардта куырыхон лæджы Иу лæппу æвзонг: — Мæн фæнды æххæст лæг уæвын, Радзур-ма, циу зонд?.. 36
Цавæр ысты царды хæстæ, Циу, кæцæй у кад? Чи мын у мæ фыдыбæстæ, Цавæр лæг — нымад? Загъта йын уый мидбылхудгæ: — Цард ахæссын — зонд... Никæд вæййы комæйкургæ, Вазыгджын йæ конд. Бирæ фарн и царды уæзы, Ма агур æнцон... 'Рмæстдæр дудгæ ристы рæзы Зæрдæйы фæндон. Ма-иу фæтæрс царды зынтæй, Размæ цу æрмæст; Хай дын уыдзæн фарны хуынтæй, Райдзæни дæ цæст. Зон, хъæбул, лæджыкар рæстæг Бамбардзынæ цард, Мадау уарз дæ фыдыбæстæ, Бакæн ын лæггад! ХУЫНХÆССÆДЖЫ ЦÆРÆНБОН Æмбисонд Баззади диссагæн иу ахæм цау, Хæрæг куыд сæмбæлд сæхимæ хуындзау... Иу комæй иннæмæ бафтыд хæрæг. Давд уыд, тæргай уыд — нæ уыдис бæрæг. Раздæры хицауæй ферох йæ маст, Загъта: «Дзæгъæл у ме ’нхъæлмæкаст.» Уыйхыгъдмæ ног фысым цинæй мæлы, — Кусы йыл рагъæй, хуым дæр ыл кæны. Уалынмæ ’рхæццæ Кæхцгæнæны бон... Срæвдз кодта фысым уæззау хуынты ргъом. 37
Хуындзæутты фæндаг — æндæр коммæ, дард... Чи зыдта, уаргъхæссæг хин у, мæнгард. Хайуан йæ хуынтимæ — балцмæ цæттæ, Рагæй ыскарста йæ сусæг фæндтæ: Цалынмæ уагътой сæ фæллад, уæдмæ Адымдта хизæнæй уарзон хъæумæ. Бауасыд хи кæртмæ, — систой фæдис: — Мæнæ нæ дарæг, цæлуаргъ дæр ыл ис! — Равæрдтой хуынæй бæркадуæзгæ фынг, — Гъæйт зæгъгæ куывдау сæ цинбадт ыстынг. Хъæлдзæг сидт, арфæтæ, аммен кæнынц, Хуынæрхæссæгæн цæрæнбон зæгъынц. Хайуан фæзæрдæлхæд, айвæзта ком, Систа, æрвнæрæгау, зарæг бæрзонд. НÆ ЦАРДЫ АЙДÆН Музей — нæ айдæн, нæ фыдæлты цард, Не сгуыхтдзинæдтæ ’мæ не сфæлдыстад. Ам ис нæ ивгъуыд, нæ абон, нæ сом, — Разагъды лæгтæ, хъæбатыр хæстон. Не ’рвон цырæгътæ — Къоста ’мæ Зураб, Се ’мсæр — Васойы бæрзонд ахуырад. Ирæн нывонд уыд сæ хъару, сæ зонд, Систой Ирыстоны намыс бæрзонд. Музейы фидауц — Уæлладжыры ком, Фарнимæ ’рцард ам Бæбуйæн йæ ном... Классиктæй ратæлмац кодта дзæвгар, Сарæзта рынчынтæн Цъæйы хæдзар. Басаста полюс хæххон лæджы нау, Айхъуысти бæстæйыл ’мбисонды цау... Скалдта йæ риуыл ыстъалы тæмæн, Кучийы-фыртæн йæ рухс ном цæрдзæн. Дардмæ фæлгæсынц, хъуыдыхуыз — сæ каст... Сомбон цы уыдзæн? Сæ миддуне фарст; 38
Раст цыма сидынц фæлтæртæм, цæмæй Ахæссой Иры тырыса фæрнæй. Ногдзинад равдыстæй музей нæу цух, — Аивад, сфæлдыстад ’вдисынц æдзух. 'Рбацæуæг банкъары алцы бæстон, Чи сты нæ уидæгтæ, чи у ирон. ЛÆГ ЛÆГДЗИНАДÆЙ ФИДАУЫ Уырымты Чермены 75 азы юбилеймæ Царды нысан чи ’нкъара, Уый вæййы бæрнондæр, Рухс фæндаг æм чи гæрда, Схизы уый бæрзонддæр. Фæлæ нæу цæуын æнцон Ногдзауæн æвæдтыл; Уæхскыл уæз кæны æргъом, Къæдз-мæдзы фæндæгтыл. Адæмæн — æхцон йæ фенд, Чи сарæхст йæ дуджы, Ахæм лæг нын у Чермен, Хорзракæнд — йæ туджы. Райста ахуырад уæлдæр... Куыстуæтты — фæзминаг, Парламентмæ уыд æвзæрст, Районы — рæбинаг. Рацыди йыл ныр азтæ, Нал у кæд æрыгон, Ветерантæм у хæстæг, Советы — зæгъынхъом... Хорзæй хорз зæгъын хъæуы: Ис æм, ис, лæгдзинад... Цæр, нæ зæрдæ дын зæгъы, Не ’ппæты фæндиаг! 39
ИРЫСТОНЫ ЗЫНГХУЫСТ ХЪÆБУЛ Мысын дзы Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Пагæты Хъазыбеджы ном Фæзминаг кæстæр байрæзт Алагиры, Хъæубæстæн, бинонтæн — сæ ныфс, сæ цин. Зындгонд бæрнон кусæг ыссис нæ Иры, Ныййарæгæн — йæ хуры тын—зæрин. Йæ рухс фæндтимæ уыд йæ бæллиц ахуыр, Бæгуы, йæ къухы бафтыдис дзæвгар... Йæ зондахаст, йæ арæхстдзинад бахъуыд: Бæрнон куысты сси Дзæуджыхъæу йæ бар. Цы загъдæуа йæ фыдгæнджытæн, уастæн, Æмбис кары йын чи айста йæ цард; Хæрамзæрдæтæ никуы барынц растæн, Сæ хиндзыд митæн ф’агурынц фæндаг. Куы бантыстаид ын цæрын кæронмæ, — Бæрзонд къæпхæнтыл ацыдаид дард... Нæ уыди ’рхæссæн фау йæ фидар зондмæ, Куысты мидæг ын уыд хъуыддаг сæйраг. Ныккæрзы зæрдæ мысæн боны къамæй, Нырма цæрынхъуаг, сагæнгæс, хæрзконд. Йæ лæгдзинад, йæ сыгъдæг уды фарнæй Мæрдтæм дæр дзы нæ сæр хæссæм бæрзонд. ТÆРККЪÆВДАЙЫ РАСАЙД Сæрдыгон сабыр боныл нæй æууæндæн, Фыртæвдæй уæлдæф нал вæййы рæстмæ. Нæ быхсы арвы ферттывды цæхæрæн, Куы ’нхъæвза дардмæ, вазæгау, нæргæ. Фæталынг арв. Æрцыд рæстæг йæ фæндæн... Хъуызæгау, мигътæ аивылынц дард. 40
Сонт зилгæдымгæ сисы рыг фæлдзæгъдæн, Йæ фæстæ уайтагъд раргом вæййы уард. Фæтынгдæр дымгæ. 'Виппайд тымыгъ сыстад, Тæрккъæвда гъеныр расайдзæни их, Хæссы æппæт цæрæгойтæн уый тасад, Мæстыйæ, рттивгæ, ’ртхъирæн кæны мигъ. Æзгъоры дон ызмæст уынгты гуылфæнæй, Хæссы йæ разæй раздæрыккон цъыф. Хуырымæй цъиутæ бабадтысты ’мбæхстæй, Фæцис ма карздæр къæвдайæн йæ ныфс. Вæййы кæрон фыдбонæн, — алчи зоны... Æрттивдзæн хур, æппæт уыдзæн бæстон. Уырнæд уæ: уый нæ рухс фидæнмæ хоны, Кæм ис рæстдзинад, райдзастдæр та — бон! * * * Уарзын цард æгæрон уарзтæй... Акæс, арвы бын — дзæнæт; Райы дуне хурыскастæй, Зæхх дæр сæрттывта — уæлвæд. Ыз зæххыцъарыл дæн мисхал, Нал и халдих мын æндæр; Цард лæгæн лæвæрд у иу хатт, — Арфæ бавзарæд дæ сæр! Равдис д’адæмæн лæгдзинад, Дар дæ зæрдæйы рæстдзинад! 41
ФЫЦЦÆГÆМ СЕНТЯБРЬ* Ралæууыд та фыццæгæм сентябрь... Абон у нæ цины бонтæй иу. Дуне уæд фыццаджы дæр нын сабыр, Ма фæзынæд тарбазыр æвдиу. Абон — рухс бон — зонады бæрæгбон, Калынц райдзаст скъолатæ тæмæн, Ахуырдзауты фæлгонц у уæларвон, Хур сыл худгæ узæлы фæлмæн. Уарзон ахуыргæнджыты цæстæнгас Ахсы, мадау, сабиты уæлмонц, Цæрдæг уайгæ, хъæлдзæгæй — сæ ныхас, Урс бæлæттау — дарæсы фæлгонц. Мадæлтæн сæ уындæй зæрдæ райы, Хызынтæ — сæ зонынады уаргъ... Уардитæ сæ зынг зæрдæты зайы, Сонт удты ыссыгъд зæрин цырагъ. Уайдзысты ныр се скъоламæ заргæ, Хъусдзысты сæ уроктæм дзæбæх, Ацæудзысты раст фæндагыл дардмæ, Фæндаг сын ныр рухсадмæ — уæрæх. Амондджындæр махæй ут уæ дуджы!.. Калут нын ыстъалытау цæхæр! Фарн куыд хъаза уе ’взонг сыгъдæг туджы, Уе сгуыхтытæй бæрзонд куыд хæссæм сæр! * Трагедийы размæ фыст æмдзæвгæ. 42
* * * Нæ республикæйы Парламенты депутат Ачеты Неляйы юбилеймæ Ныфс, хъаруйæ — диссаг, Кады ном хæссыс. Удварнæй — фæзминаг, Алы ’гъдау кæныс!.. Удæнцой нæ зоныс, Алкæмæ — цæстдард!.. Тас хъæу хион хоныс, — Уа нывыл сын цард!.. Бузныг дæ сты адæм, Зонынц дæ рæвдыд. Цавæр дзырдтæ ссарæм?! 'Рцæуа дыл сæ куывд! Неля, ’рцыд сæ арфæ, Парламент — бæрнон, Ныр кæныс уынаффæ, 'Нæцудгæ — дæ зонд. Стыр хæстæ дын — баргонд... Фарнимæ фæкус! Кæстæртæй у райгонд, Уæд дæ цард æнус!
НÆ ХЪÆБАТЫР ХÆСТОН Гаматы Мæхæмæты фырт Мухарбеджы кадджын ном дзы арын Схъомыл Дыгуры нæртон лæг — Гаматы сахъгуырд Мухар. Даста зæллангæй йæ цæвæг, Никæмæн радтаид бар. 'Хсысти бæрзонд урссæр хæхтыл, Цъити йæ кодта æндон; Згъордта уæлыгæсæй рæгътыл, Комæй йын зарыди дон. Бæстæйыл айхъуыст фыдох цау: Бацайдагъ арæнтыл хæст. Арæвдз и зноны скъоладзау: «Уым ис мæ бынат æрмæст!..» Тугкалæн тох уыд æгъатыр, Кодта нæ не знаг дæлбар... Сонт бырсты хъару æрсабыр, Лæгсырдтыл рухс бон ныттар. Риуыл хæрзиуджытæ ’рттивыиц, Астæуыл рон баст æнгом, Цæстытæ доны æрзилынц, Акаст йæ хъæумæ бæстон. Бавзæрста бирæ фыдæбон, — Хъару нæ байсыст уæддæр... Гъер дæр нæ хъæбатыр хæстон Иры лæгдæртимæ — ’мсæр. Сахары, сыхы — дзырддзæугæ, Адæмы астæу — нымад, Къаимæ кармæ — æмзæрдæ, Байтыдта не ’хсæн йæ кад! 44
СТÆМ ДЗЫ РАЗЫ, БÆГУЫДÆР... Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн Бæрнон бынат цас уа бæрзонддæр, Сты уыйас йæ хæстæ фылдæр: Лæууын хъæуы адæммæ ’нгомдæр, Сæ миддуне зонын хуыздæр. Нæ фæтарст Битары-фырт зынтæй, — Æрæнцад йæ уæхсчытыл уæз, Нывæнды йæ уаз разамындæй Зæрдæрайгæ цардæн фæрæз. Фæллойадмæ ’мхиц у йæ зæрдæ, Амалхъом куыстуаты — æхсыст; Зын фарстатæн ссары гæнæнтæ, Вæййынц æм йæ хъуыдæджы фыст. Йæ сагъæс — нæ абон, нæ фидæн, Хъæндзинæдтыл ахæссы цæст. Хъæбулау лæггад кæны Ирæн, Йæ ныхасы — фарн æмæ уæз. Стæм бузныг йæ ахсджиаг лæварæй: Рæвдауæндон, скъолатæ — цас!.. Фæсивæды спорты архайдæй Фыдуаг митæм нал хæссы къах. Хъæздыг у йæ удварн æгъдауæй: Æргомдзырд, рæстдзинадыл хæст, У ифтонг нæ ирондзинадæй, Нæ мадæлон ’взагæй — æххæст. Кæнæм дын, Битары-фырт арфæ: Хуыцау дын æххуысгæнæг уæд! Дæ бæстон хъуыдыджын уынаффæ Ирыстонæн амонд хæссæд! 45
КАДЫ НУАЗÆН О, цас фарн ис нæ ирон фынджы ’гъдауы: Чындзæхсæв уа, бæрæгбон, кæнæ кæхц! Рæсугъд ракуывд, бæстон арфæ-ныхасы Æхсидынц монцтæ, рухс фæндтæ цæйбæрц?! Нæ бадтмæ сæмбæлд уазæг, зæгъгæ, иугæр — Æцæгæлон уа, сгуыхт лæг, йе бæлццон, Уæд кады нуазæн бахаты йæм хистæр, Æгъдауæй йын ысбуц кæны йæ ном, Цы ма уа уымæй зæрдæйæн æхцондæр? — Куы райсай нуазæн, хорзæхау — йæ кад, Лæгæн кæны йæ миддуне бæрзонддæр, Рæсугъддæр æмæ мидисджындæр цард. Ирондзинад — нæ фыдæлты тырыса, Æрттив нын хурау, ма дын уæд мæлæт! Дæ хъысмæтыл нæ алчидæр куы тыхса, Цæрдзысты демæ не ’гъдæуттæ дæр уæд. МАДЫ РÆВДЫДАУ Алагиры скъола-интернаты 55 азы юбилеймæ Не скъоламæ фарн æрцыди — Юбилейон бæрæгбон! Рагæй н ’алчи йæм бæллыди, Цинад зæрдæтæн — æхцон. Мах — æфсымæртæ ’мæ хотæ — 'Рвитæм хъæлдзæгæй нæ цард... Амондджын — нæ сабибонтæ, У нæ хæдзар интернат. Хуры хъармæй мит дæр тайы, Æрдзæн базмæлы йæ рæзт. Хъомыладæй зæрдæ райы, Ифтонгдзинадæй — æххæст. 46
Не стæм цух хæрдæй, æфснайдæй, Ахуырадæн ис фæрæз. Стæм рæвдыд цыма нæ мадæй, Зæрдыл дардзыстæм нæ хæс. Цал фæлтæры рауагъдонтæ Фесты ацы скъола каст?! Чи схызт зонады бæрзондмæ, Чи фæллойадимæ баст. Бузныг, чи архайы махыл! Бузныг, чи кусы, цæмæй Бафтæм мах рæсугъд фæндагыл, Царды сарæхсæм фæрнæй! ФÆДЗÆХСТ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн Де Стыр Мад — нæ бæстæ, Бакæ йын лæггад; Сæххæст кæн дæ хæстæ, Зон, кæй хæрыс ард. Бирæ ис цæлхдуртæ, — Ма фæтæрс зынтæй; Ды хæстон хъæбул дæ, Бахиз нæ зынгæй! Райгуырæн зæххимæ Сæмуд и дæ уарзт; Зæрдæйы тæгтимæ У йæ хъысмæт баст... Хурау дын у мигъбон Мады цæстæнгас. Сты æвдадзау хи дон, Хибæстон ныхас. 47
Хъахъхъæ падцзахады, Сгуыхтдзинæдтæ хæсс! У къæрцхъус дæ рады, Арæнтыл фæлгæс! Цасфæнды куы дзурæм, Хи бæстæ — нæ мæт. Стыр Хуыцауæй курæм: Сабыр цард нын уæд! УДВАРНЫ ПАТРИАРХ Зæдбадæн — Ирыстоны хæхтæ, Табуйаг у, дзуарау, сæ рард. Цъæх арвыл ыскалдта цæхæртæ Къостайы æвидигæ фарн. Уæлвонг цардмæ никæд бæллыди, Рыст зæрдæ нæ зыдта æнцой. Сæрибардзинадыл хæцыди, Хæзнадон — йæ уды фæллой. Тызмæг дуджы уагæн нæ быхста, Æнæбон уыд адæмы цард... Æлдæртты йæ сисæй рæхуыста, Фæдисхъæр — йæ лирæйы цагъд. Нæ гени йæ музæйы фарнæй Парнасы бæрзæндмæ ысхызт; Иæ рифтаджы дзаджджын бæркадæй Ысхъæздыг, ысаив нæ дзырд. Къостайы фарн не’ мдзу кæндзæни, Тырыса нын басгуыхт йæ ном. Йæ сидтмæ нæ дзыллæ тырндзæни, Цæмæй уа æппæт Ир æнгом. 48
* * * Хæдарцаты Русланы 55 азы юбылеймæ Бæстон лæг бæрæг у хъуыддагæй, Æххæссы æппæтыл йæ цæст. Йæ куыстуаты бæрнондзинадæй Фæкæны йæ хæстæ æххæст. Ныфс нæ уыд æвзæрстыты бонæй, — Кæй уыдзæн фæндонæн фæрæз... Нæ дзыллæ зæрондæй, æвзонгæй Ыскодтой Русланыл хъæлæс. Стæм абон мах бузныг йæ уагæй: У адæмæн адджын, фыртау; Йæ узæлд, йæ уæздан ныхасæй Ыскæны цæстуарзон æгъдау. Æфсымæртæй алчи — куыстуарзон, Зын зæгъæн у, чи у лæгдæр... Сты се ’ппæт дæр дзуапджын, уæззаузонд, Бæрнон куысты калынц цæхæр. — Ис хорзæхтæ бирæ Хуыцаумæ, Йæ фарнæй у хайджын ды дæр! Кæнæм дын зæрдæбынæй арфæ: Сæдæ азы ’нæнизæй цæр! РУХСТАУÆГ Табуйаг у, ахуыргæнæг, Де стыр фарны хъомыс: Райдзаст миддуне нывæндæг, Рухсадмæ нæ хоныс. Радтыс нын дæ зæрдæйы хъарм, Судзыс нын цырагъæн; Байгом кæныс зонады дуар Дун-дунемæ махæн. 49
Хи хъæбултыл нæ нымайыс, Мадау у дæ рæвдыд; Не ’нтыстыты цинæй райыс, Сраст кæныс нæ рæдыд. Урс базыртыл атæхдзыстæм Амонды фæндагыл... Мах дæ номæй бафтаудзыстæм Кад нæ Иры кадыл. У дæ зондамынд бындурон, Царды хос дзы арæм; Ахуыргæнæг, мах дæ буц ном Удрæбыны дарæм. МАДЫ ЗÆРДÆ Зынаргъдæр нæй арвы бын мадæй, Йæ миддуне — зæдтæм хæстæг; Зæххон цард нывæнды йæ фарнæй, Цъæх уалдзæгау, амонд хæссæг. Хъæбулы йæ уды бæрц уарзы, «Мæ хурæй» йæм дзуры æдзух, Æгъуыссæг æхсæвтæн фæразы, — Нындзыг вæййы авдæныл къух. Йæ зæрдæ бæмбæгæй фæлмæндæр, Нæй иуцъус йæ риуы хæрам, Æвдадзау у мадæн йæ цæф дæр, Йæ узæлд, зæрин хурау, — хъарм. Уæм балцы, кæнæ та — куыстуаты, — Иæ хъуыдыйы дары нæ кой, Æнхъæлмæ кæсгæйæ нæм бады, Фырмæтæй нæ зоны æнцой. Нæй ссарæн йæ аккаг ныхæстæ, Нæ къонайы фидауц у Мад. 50
Æгæрон — йæ удварны хæрзтæ, У Мады-Майрæмау йæ рард. Хæс дары нæ алчидæр мадæй, — Йæ фидынмæ хъуамæ тырнæм. Рæвдауын æй хъæуы лæггадæй, Нæ арм та йын дарæм фынгæн. ÆФСÆДДОН ХÆС Райгуырæн зæхх уарзын Баззад нын фыдæй, Сабыр цард фæразын Хъахъхъæнын зынгæй. Алцы дын ам — зонгæ... Зæрдæмæ — æввахс: Хъæлдзæг сабибонтæ, Мады буц ныхас. Рустыл хил фæзынди, Ис зæгъæн: лæг дæ!.. Бæстæ дæм фæсидти, Гъе мардзæ, кæм дæ?! Равзæрдтæ йæ фарнæй, Байрæзтæ дзæбæх, Тавы дæ йæ хъармæй, Цардвæндаг уæрæх. Сдæ салдат æрæджы... Сабыр уæд дæ дуг! Бахъуаджы рæстæджы Ма разын тæппуд! У хæлар нæ бæстæ, Фаг тых дæр нæм ис... Ифтонг дар дæ гæрзтæ, Майды, ’рцыд фæдис! 51
ЛУАРЫ ХЪАХЪХÆНÆГ МÆСЫГ ..Лæууы æнусон хъахъхъæнæг нæ кæмттæн, Фæцыд бæрзонд, æдзынæгæй кæсы, Цыма у раст æнхъæлмæкæсæг знæгтæм, — Кæд нæм, мыййаг, æндæрзæххон бырсы. Рæвдз вæййы уæд нысаны артыссыгъдмæ, Фæдисхъæр хъæутыл айхъуысы æваст. Фæзынынц наутæ иууылдæр мæсыгмæ, Æмдыхæй ам æрцæуы не знаг саст. — Нæ ратдзыстæм фыдæлты зæхх, Кавказы... Уыдзæн сæрибар уарзон хъæу Луар. Æнусон уæлмæрд ’нæхъыгдард йæ разы... Сæрыстыр уыдзæн не стыр кувæн дзуар! Ирон къона, Сафайы рæхыс й ’астæу, — Куыд зынаргъ у нæ рагфыдæлты къæс! Нæ бабыхсин æз иу мисхал йæ мастæн, Æз дарын дзы æнæбафидгæ хæс. Нæ басур уыдзæн цъитидон йæ цыдæй, Нæ бахус уыдзæн дзаджджын хизæн фæз. Нæрсдзысты сæрды дидинджытæ мыдæй, — Цы ис хуыздæр хæххон цардæн фæрæз?! Цæрæг дзы нал и а хъæуы ныр рагæй, Нæ дæр дзы—дугьуагъд, нал дæр дзы — куьюдгæ. Кæсы мæсыгмæ хуры тын цъæх арвæй, Фæлгæсы бон, æхсæв уыны фынтæ! АФГАЙНАГ ХÆСТОН Мах баппæрстой саупиллон артмæ, — Уыд бардзырд: «Æххуысмæ цæуæм»... Нæ хъысмæт нæ ’рхаста Афганмæ, Кæм кæнынц кæрæдзи дæрæн. 52
Нæ салдат йæ зæрдæ нæ ивы, Йæ уæхскыл куы ’рынцади уæз... Хъæбатырдзинадæй уый фиды Бæрнон интернацион хæс. Æхсысти нæ хъару зындоны: Гæрах-гуыпп, æзмисрыг, æнтæф. Ныфссастдзинад не ’фсад нæ зоны, — Æруайы, хатт, махыл дæр цæф. Æмбæхст рæттæй ’хсынц нæ лæгсырдтæ, Хъæрзы чи йæ цæфтæй, чи — мард; Хъæмæ здæхынц цинкæ чырынтæ, Дзыназы йæ хъæбулыл мад. Нæхи бæстæ цæстытыл уайы, Кæцæйдæр мæм ферттивы уарзт... Æртон ма, тæхуды, сырх уарди Æмæ йæ дæ уарзонæн ратт! Ех, искуы ма бахиз дæ кæртмæ, Æрбайхъус дæ мады ныхас! Уæрæх цæстæй афæлгæс æрдзмæ, Нæхи донæй иу къус нылвас! Афган, зæгъгæ, банкъуысы зæрдæ, Цæгъдæн рынау айхъуыст йæ ном. Уæ фæстæ, нæ зынгхуыст æмбæлттæ, Нæ байгас нæ удты хъæдгом. НÆ УДÆМБАЛ — НÆ ГАЗЕТ Нæ удæмбал, нæ айдæн, Нæ районы цæсгом, Хæзнайыл дæ нымайæм, Дæ афæлгæст — бæстон. У ахадгæ дæ хъомыс, Кæстæр фæлтæрæн зонд; 53
Ирондзинад сæ домыс, Хæсæвæрды — бæрнон... Ды баййæфтай фыдбонтæ, Уæддæр дæ ныфс нæ саст, Нæ хъæбатыр хæстонтæм Уыдис дæ цæстæнгас. Ысфæлтæрдтой дæ азтæ, Дæ рауагъдад — бæрзонд. Æмдзу кæныс нæ фарсмæ, Рæствæндагыл — æвронг. Кæсæм дæ разæнгардæй, Æрмæгæй дæ хъæздыг: Куы схъæлдзæг вæййæм фарнæй, Куы фемæхсы цæссыг... Сæууон мигъ хурмæ ’рттивы, Зыны цъæх арвыл дард... «Зæрин фонд»-ы къæбицы Нæ «Сæуæхсид» æрцард. ФАРНЫ «НЫХАС» Уынаффæдон — рагон «Ныхас»-æй, Ныр райрæзти не «Стыр Ныхас»; Нæ Ирыл фыдæлтыккон фарнæй Уый тауы ирондзинад цас!.. Фæнды йæ, куыд нæра Ирыстон, Куыд раздæха не ’взагмæ уарзт, Куыд нын уа ирон дзырд æхсызгон, Куыд ысуой дыууæ Иры баст. Фæнды йæ, куыд зонæм кæрæдзи, Ирон лæг кæмдæриддæр ис... Куыд банкъарæм не ’хсæн фæтæн хид, Куыд хатæм нæ цин æмæ рис. 54
Фæнды йæ, рæстзæрдæ, хæларæй Сыхагимæ ’ууæнкæй цæрын; Нæ кæстæр куыд рæза æдасæй, Куыд нал хъуыса мады кæуын. Æмбал нæй нæ ирон æгъдауæн, Æнгом цардæн уый у бындур; Йæ бæллиц у не «Стыр Ныхас»-æн: Нæ фæндагыл ма уа цæлхдур. Æнæлыг ис фарстатæ бирæ... Бæрнон къорд сыл кусы бæстон, Куы раздахæм не ’ргом йæ сидтмæ, — Цæрдзæни уæд наци — ирон! ЛÆГГАГ Хорз кæстæр у хайджын фарнæй, Зонд райсын — йæ уарзт; Радта, иуахæм, уæзданæй Фырт йæ фыдмæ фарст: «Цавæр ысты царды хæстæ? Циу, кæцæй у кад? Чи мын у мæ Фыдыбæстæ? Чи дæтты бæркад?» Загъта йын уый мидбылхудгæ, — — Байхъус æмæ зон: Цард нæ вæййы комæй кургæ, Вазыгджын — йæ конд... Бирæ фарн и царды уæзы, — Маагур æнцон... Цардамонд фæллойæ рæзы, У йæ кад бæрзонд. Ма фæтæрс фæндаджы зынтæй, Цу нысанмæ раст... 55
Хорз ракæндæн фарны хуынтæй Банкъардзынæ уарзт. Байрæз, мæ хур! Искæд рæстæг Бамбардзынæ цард... Де стыр мад — дæ Фыдыбæстæ, Бакæ йын лæггад! НЫЙЙАРÆДЖЫ ФАРН Ды зæххон зæд дæ, ныййарæг, цардæн! Райдзаст уалдзæгимæ дын ис барæн! Хурау тавыс къонайы дæ хъармæй! А дуне тæмæн калы дæ фарнæй! Нæй зæххыл фæлмæндæр ныхас «мадæй», У йæ зæрдæ быд цыма зæлдагæй; Дидинтæ йæ къахы фæдтыл зайынц, Цъититæ йæ цæстæнгасæй тайынц. Мад, æвæдза, цас тухитæ ’взары!.. Царды уæз хæссы йæ зæрин уаргъы. Узы нын æгъуыссæгæй нæ авдæн, Ауæрды йæ комы-комдзаг махæн. Свæййæм искæд мадæлтæ, фыдæлтæ, — 'Хсайы ма нæм, гъеууæддæр, йæ зæрдæ; Стæм ма йын зæрондæй дæр хъæбултæ, Дзуры ма нæм буц номæй: «мæ хуртæ». Дард балцæй куы ’рыздæхæм нæхимæ, Нал вæййы кæрон гъеуæд йæ цинæн: Уадултыл йæ цæстысыг æртулы, Зæрдæйы ныфсы цырагъ ыссудзы. Мады ном куы раивы «гыццимæ», — 'Хсиды цард хъæбулы хъæбултимæ... Аныгъуылынц хуыссæны йæ цуры, Аргъæуттæ сын хъæлдзæгæй фæдзуры. 56
Мадæн ничи бафиддзæн йæ хæрзтæ... Ис ын царды иунæг хос æрмæстдæр: Сбуц æй кæн кæсынхъуаг бон лæггадæй, Бахъахъхъæн ын йе ’нæнцой уд мастæй! ХЪАХЪХЪÆНЫНЦ НÆ БÆСТÆ Зынаргъдæр хи бæстæйæ нæй! Нæу хъауджыдæр дын мадæй! Куы дарай хотыхтæ рæвдзæй, Цæрдзыстæм уæд æдасæй! Фыдыбæстæ, мæ сабидуг, мæ зæрдæ!.. Ныййарæгау — дæ буц рæвдыд, дæ хæрзтæ! Дæ зæрдæ дар, хъæбулау дæ кæй уарзын. Куы бахъæуон — æрлæудзынæн дæ разы! Уæрæсе махæн — не стыр фыдыбæстæ! Уæрæх йæ быдыртæ, йæ хъæдтæ, фæзтæ! Цæрынц йæ бирæ нацитæ æнгомæй, Фæлдахæн ис къæдзæхтæ дæр æмзондæй!.. Фыдгулы бæрзæй карз тохы ныссастой! Рейхстаджы сæрмæ сырх тырыса ’рсагътой!.. Куыд фæрыст мад хъæбулы судзгæ хъыгæй, Кæй нæ бафсæст чындзагимæ цæрынæй. Æрлæууынц зæрдыл сау мылазон бонтæ, Цæстытыл уайынц ’взонг зынгхуыст хæстонтæ; Нæ баззайдзæн хъæбатырты ном рохы, Чи радта цард сæрибарады охыл! Дæ арæнтæн нæу тас мæнгард ызнагæй! Тæрсы, бæгуы, нæ нæргæ хæцæнгарзæй! Лæууынц цырдцзастæй не ’фсæддон цæргæстæ! Æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнынц нæ бæстæ! 57
ЦАРДЫ НЫСАН Хуыцауæй дæн бузныг, Кæй мын радта цард! Кæй федтон æз дуне, Кæй банкъардтон уарзт... Бæлас дæр ныссагътон, Ыскодтон хæдзар; Ис царды фæндагыл Ныфсдæттæг бындар. Фыдыбæстæ, дзыллæ, Ныййарджытæ, цот, Дæттын уын мæ зæрдæ! Мæ сæр уын — нывонд!.. Нæ кæстæртæн хъарын Нæ рæсугъд æвзаг, Куыд хатой, кæй сын у Табуйаг фæндаг. Нæ ирон æгъдауæн Зæххыл нæй æмбал; Ыстæм дзы сæрбæрзонд, Нæ зæрдæтæ — хъал. Ирондзинад махæн — Нæ намыс, нæ кад!.. Стæм рагон аланты Нæртон байзæддаг! ТÆХУДЫ Тæхуды, куы уарзиккам не ’взаг! Куы сбадид йæ гаччы нæ дзырд! Куы сæндидзид рохуатæй не ’фсарм! Куы уаид нæ кæстæр рæгъдзыд! 58
Тæхуды, йæ ныййарæг мадæн Чи бафыста царды йæ хæс!.. Йæ зæрдæ нын дары цырагъæн, Ис йе ’ккой æнæсбаргæ уæз! Тæхуды, ныфсдæттæг хъæбулау, Иæ бæстæйæн чи кæны кад! Цæстуарзонæй чи тауы, хурау, Йæ дзыллæйы цардыл бæркад! Тæхуды, ’мæ чи райы цардæй! Кæй зæрдæйы абухы уарзт, Уый хайджын у хорзæхты фарнæй, Уыдзысты йæ фæндæгтæ раст! Тæхуды, куы фениккам искуы, Дыууæ Иры арфæйаг цард!.. Куыд байгас уа дих зæрдæ риуы, Куыд нæ тава иумæйаг арт! Тæхуды, куы нал уаид хæстæн Дунейыл æппындæр йæ кой! Куы ’рцæуид бæллиццаджы рæстæг: Хæларад, сабыр цард, фæллой! ХÆЗНАТЫ ХÆЗНАДÆР Хæзнаты хæзнадæр у не ’взаг — Нæ ивгъуыд, нæ абон, нæ сом. Нæ фыдæлты фарнæй у йедзаг, Кæны уый нæ нацийæн ном. Æрцыдис нæм рагон алантæй, Нæ фесæфт нæ царды бындур, Рæвдауæм æй хъуамæ нæ уарзтæй, У махæн нæ исбон, нæ хур! Мæнгæн нын нæ баззад ныхасæн: «Кæрцæй у хæстæгдæр хæдон...» Ис алкæй æвзагæн дæр уарзæн, — Нæй хи ’взаджы уарзтæн кæрон. 59
Сывæллон гуыбынмæ æмбары Йæ мады рæвдауæн ныхас. Æвзагæй лæг амонд æнкъары, Куы йæ уарза хи уды йас. Рынчын хуыз ис не ’взагæн абон, Тæссаг у, куы фæуа хъæрзгæ... Æдæрсгæ куы нæ згъора суадон — Гуылфæн дон æй айсы нæргæ. Æвзаджы фарн сисæм бæрзонддæр! Ныззарæм ыл, цæйут, фæрнæй! Нæй сфæлдисæн музæ хæрзконддæр Къостайы «Ирон Фæндыр»-æй! ЧИ У, ЧИ ИРОН?! Æцсег ирон уыдзынæ усед, Куы уай ирондзинад хæссæг. Чи дзуры йæ мадæлон æвзагыл, Чи хæцы йæ рагфыдæлты ’гъдауыл, Чи уарзы йæ фыдыуæзæг мадау, Чи судзы уæлахиз охыл артау. Чи фиды ныййарæгæн йæ хæрзтæ, Чи цæуы фæдис-хъæрмæ æдæрсгæ, Чи кæны буц уазæджы æгъдауæй, Чи цæры рæстуд æмæ хæларæй. Чи райы нæртон Къостайы фарнæй, — Чи ризы йæ кæуынхъæлæс зардæй, Чи исы нæ Иры кад бæрзонддæр, Чи бæтты нæ дзыллæты æнгомдæр. Чи дæлбар сылгоймаджы нæ кæны, Чи мæнг ард йæ къайагæн нæ хæры, Чи кувы йæ удвæллойæ зæдтæм, Чи кæсы бæрнон цæстæй йæ хæстæм. 60
Чи рæвдауы хистæрты лæггадæй, Чи хизы нæ кæстæрты æгадæй, Чи нæу царды хин æмæ дывзагон, Чи хæссы йæ хорз хъуыддæгтæй амонд. Чи дзуры, кæм хъæуы, уым йæ рады, Чи ’мбары, цы ’гъдауы фынгыл бады, Чи хоны йæ мæгуыры йæхицæй, Чи ’ххуыс кæны адæмæн йæ исæй. КУЫРЫХОН АХУЫРГÆНÆГ Нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Цъеуты Сослæнбегæн Дыгургомы райгуырд хæххон лæг, — Æвзонг зæрдæ равзæрста рухс... Ныййарджытæ — цардхъом, хуымæтæг, Нæ сæм уыди ахуырад цъус. Сослæнбег куы райрæзти царды, Уæд рухсадмæ сарæзта ных. Йæ хистæрты узæлды руаджы Зын сахат æвзæрдис æм тых. Хъæууон ахуырдзаутæ — йæ бæрны, Лæмбынæг сын амоны зонд. Фæлмæн ныхас, быхсоны фæрцы Сæ зонынад сырæзт бæрзонд. Цыдис уый къæпхæнтыл уæндонæй, Сси рухсады куысты бæрнон. Йæ куырыхон разамынд, зондæй Гъе ам дæр та баци нæртон. Йæ заманы район — нымады... Нæ дзы уыди парти хъæстаг. Уыд ахуырад аккаг бынаты, Йæ уынаффæ алкæд — рæстаг. 61
Йæ уаз фæд æрттивы ныр дæр ма, — Фæндзай цыппар азы йæ куыст. Нæ фæндиаг сæдæмæ фæцæра!.. Фæзминаг — йæ царды æнтыст. Куыд зæрдиаг салам ын фæзæгъынц Æмкусджытæ, кæстæр фæлтæр! Сæ сæрæй ныллæг ын æркувынц Йæ хæлар зонгæтæ ныр дæр. Ыстыр аргъ ыскодта йын бæстæ... Ысгуыхт ахуыргæнæг — йæ ном. Уый кадджынæй бафыста хæстæ, Уынæм æй мах царды æргом. АРФÆЙАГ ÆНТЫСТ Алагиры районы «Ныхас»-ы сæрдар Æгъуызарты Аврамы фырт Барисæн Æнтыстдзинад алы хъуыддаджы У аразгæ алкæд лæгæй, Бæрнондзинад ахасты руаджы, — Уынаффæтæ рæзынц фæрнæй... Барисæй у бузныг нæ дзыллæ, Ис й’архайд, йæ ныхасы уæз; Цæлхдурау лыггæнинаг зынтæн Ь1ссары уый алкæд фæрæз. Цы ран уыд нысангонд бæрнонæй, Зыны уым рæсугъдæй йæ фæд; Ныр дæр та йæ хъару, йæ зондæй Фæбæрзонд нæ «Ныхас»-ы змæлд. Фæнды йæ, кæстæртæ куыд рæзой, Куыд хатой рæстмæйы фæндаг, Нæ бæстæн хъæбултæн куыд бæззой, Куыд хæссой нæ ирондзинад. 62
Цæвиттонæн алкæд æрхæссы Нæ хистæрты цыт æмæ кад, Фæсивæдæн карзæй фæдзæхсы, Куыд сын кæной дзуарау лæггад. Нывæндыс фæрныгад дæ удæй, Уæзгæ хуынтæ цардмæ хæссыс, Фылдæр уæнт цæрæнбонтæ ’нусæй! Кæнæд дын нæ Уастырджи ’ххуыс! АЛАНТЫ УИДАГ Дунайы донæй суанг Сау денджызмæ Кæддæр ныззылди аланты бæстæ. Æрбабырстой сæм бындзагъд кæнынмæ Тæтæр-монголы бæхджын æфсæдтæ. Сæ мыггаг н ’аскъуыд æвирхъау хæсты, Бахъахъхъæдтой сæ нæ айнæг хæхтæ. Ауагъта уидаг æнустæм кæмтты Чысыл Ирыстон — сæ туг, сæ хъæстæ. Сæрыстыр ыстæм нæ рагфыдæлтæй, Сæ кой дунейыл хъуыстгонд у рагæй, Хъæбатырдзинад, æгъдау, æфсармæй, Уазæджы хынцын фынджы бæркадæй. У се ’взаг — не ’взаг — нæ царды бындур, Нæ фарны къæбиц, нæ амонды хур, Æрхæццæ нæм ис æнусты сæрты, Ирыстон абон йæ фæрцы рæзы. Сæ фæтк нæ бамыр: атындзæм иумæ Баххуыс кæнынмæ мæгуыртæн зиумæ; Фæсарæйнæгтæ бацæуынц дисы, Куы фенынц не змæлд нæ хъыг, нæ цины. Нæ сахъ хæстонтæ сты таурæгъонтæ, Цыфыддæр знагыл уæлахизонтæ... 63
Чысыл — нымæцæй, хъайтартæ — бирæ, Чи скодта намыс нæ цытджын Ирæн. Æртæ кæрдзынæй Хуыцаумæ кувæм, Кæстæртæн амонд, сабыр цард курæм, Нæ номдзыд лæгтæй фæкæнæм сомы, Æгадгæнæгыл бакæнæм хъоды. Æнувыд ыстæм бинонты цардыл, Нæ фыдыбæстыл, ныййарæг мадыл; Нæ буц хистæртæн кад кæнын зонæм; Сылгоймаджы та зæдыхай хонæм. Æндæр адæмтæ цæры нæм бирæ, Æнгом бинонтау арæхсæм иумæ; Хурзæрдæ Ир нæ мадау рæвдауы, Фарн æмæ амонд не ’ппæтыл тауы. Ыстæм, бæгуыдæр, нæртон алантæ! Сæ кадджын ном сын, ирон лæг, хъахъхъæ! Худинаг хъуыддаг дæ сæрмæ ма ’рхæсс! Нæ историмæ, ивгъуыдмæ акæс! ИРЫСТОНЫ НОМДЗЫД ХЪÆБУЛ Хъæбæлоты Билары 100 азы юбилеймæ Куыннæ уæм сæрыстыр мах абон Ирыстоны номдзыд фыртæй, Кæй фæрцы Транскам-фæндаг байгом, Кæм тъунелтæ кусынц фæрнæй! Уыдта уый пехуымпарау дардмæ, Йæ миддуне — домаг, бæрнон, Фарн хаста нæ адæмы цардмæ, Цæмæй уа сæ уавæр бæстон. Уыдис æм бæрзонд æвæрд кусæг, Цин хаста йын йе сгуыхты кой 64
Фыййау уа, зырнæйзилæг, дуцæг, Чи кодта æнæхин фæллой. Фыды уарзтæй сабиты уарзта, Фæндаг сын уыд рухс цардмæ гом, Нæ сомбон сæ цинимæ баста, Сæ галуан хæсдзæн ныр йæ ном. Нысангонд Монголмæ посолæй Æнтысджынæй хаста йæ хæс, Йæ арæхст, йæ куырыхон зондæй Зын фарстатæн ардта фæрæз. Уадз хъуыса йæ рухс ном дунейыл, Уадз дара йæ ирд фæд бæрæг! Ысфидаудзæн Ручъы тъунелыл Аккаг мемориалон фæйнæг. Нæртон лæг мæлæтбон нæ зоны, Вæййы уый йæ дзыллæйæн буц, Иæ ирд стъалы арвæй фæзыны, Зæххон цардыл тауы йæ рухс. НОМАРÆН Алагиры интернаты хицау Хъæцмæзты Аланы 45 азы юбилеймæ Ис царды фæзилæнтæ бирæ, Фæлæ йæм ыссардта фæндаг, Лæджы хæстæ райста йæхимæ, Æмæ у хъæубæсты нымад... Ныййарджыты буцæй фæдардта, Сыхбæсты фæкæны лæггад, Хорз хъомылад кæстæртæн радта, Парахат — йæ æмгардзинад. 3 Гаматы Иван
У интернат абон йæ бæрны, Йæ къухвæллой дары бæрæг; Рæсугъд фæлгонц ахады цæсты, Куыстуатæй, фæзуатæй — сыгъдæг. Йæ удварн у ирддæр цъæх арвæй, Ис йе уæнгты ’гъдау æмæ ’фсарм, Йæ фæлмæн хъуыдыджын ныхасæй Æнкъары лæджы зæрдæ хъарм. Кæнæм дын, Алан, абон арфæ, Гуырæн боны хорзæх дæ уæд! Кæсæд хур дæ фæрныг хæдзармæ, Нæ Уастырджи де ’мдзу кæнæд! * * * Алагиры районы Ветеранты Советы сæрдар Сæйлæуонты Валодяйы 80 азы юбилеймæ Чысыл нæй æцæг лæгтæ царды, — Валодя у уыдонæй иу. Иæ уды бæрнондзинад бады, Сыгъдæг у фыддзинадæй риу. Йæ фæндаг нывæста фæллойы, Кæм ахуыр, кæм шахтæйы куыст, Активон фæскомцæдисонæн Нæ асаст йæ зæрдæйы ныфс. Ныр цалдæр азы ветерантæн У Советы ’нтыстджын сæрдар; Сæ уавæр, сæ царды фарстатæм Æнкъарынц æдзухдæр цæстдард. Бæрæг кæны алкæй хæдзармæ: Кæмæн — юбилей, чи рынчын; Хæссы, хурау, рухс тын сæ размæ, Нæ дзы у рох иу цау æппын. 66
Йæ дадзинты хъазы фæрныгад, Йæ кад æмæ йе ’гъдау — бæрзонд; Нæ дзы хъуысы никæд хъæр ныхас, Уæззау æмæ ’вронг у йæ зонд. Кæнæм дын дæ гуырæн бон арфæ, Æнæниз, фæрнæй ма нын кус! Куыд фехъуыса ракуывд Хуыцаумæ, Куыд цæрай нæ фæндиаг æнус! ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИ Кувæндон уæрæх ныззылд,—аивдæр нæй дзуарæй... Ардæм фæдисмæ фæцырд хъæд къæдзæхы фахсæй. Тæхгæ-нæргæ Уастырджи — минæвар Хуыцауæй, Иры бæстæн рантысти зæд — зæххон, дæ фарнæй... Ды куы ’мбæхстай Хетæджы, хъахъхъæдтай Къостайы, Стъалы уыдтай йе ’ндæрджы, арвыл ныр æнцайы. Хæстонтæн сæ сæрхъуызой, Уастырджи, ды уыдтæ, Карз тохы дæумæ куывтой: «Де уазæг — нæ удтæ!» Алаз галгуывдтæ кæнæм, Уастырджи, дæ номыл, Буц кувинæгтæ хæссæм, цин кæнæм дæ боныл. Дзыллæ уылæнтæ кæны Тымбылхъæды дзуармæ, Дымгæ физондæф хæссы, «оммен» хъуысы арвмæ. Хистæрракувы бæстон, фынджы ’гьдау—йæ разы... Кæстæр балвасы йæ рон, хъазты рог æркафы. Курæм, Уастырджи, дæуæй, уæд бæлццон раствæндаг, Рæзæнт кæстæртæ фæрнæй, гуырæд нæм цæрæццаг!.. Иры дзыллæ йе ’рцыдмæ ’нувыдæй фæбæллы, Фарн æмæ сын иудзинад арфæтæй нывæнды. Дзуары ’нусон бæлæсты рог дымгæ фæйлауы, Кадджын табудзинадæй зæрдæ цинæй райы! 67
ИРОН ДÆ КÆД Мыййаг кæд ирон дæ, иронау уæд дзур! У не ’взаг нæ исбон, нæ царды бындур. Уый рахæссы мады гуыбынæй йæ фарн, Æхсиды йæ фæрцы нæ ирондзинад. Æппæтæн сæрæвæрæн — бинонты уаг, Ам исы нæ кæстæр фыццаг хъомылад. Куы хъуысой нæ зарæг, нæ ирон ныхас, Нæ уыдзæн уæд не ’взагæн сæфынæй тас. Ныййазæлд Къостайæн йæ «Ирон фæндыр», Æппæт бæстыл айхъуыст зæлангæй йæ мыр. Уый систа ирон дзырды тæлмæн бæрзонд, Сæууон хуры тынтау — йæ аив фæлгонц. Йæ фæд-фæд фæзылдис лæмбынæг Васо, Кæцæй равзæрд не ’взаг, ыссардта бæстон; Хъыгагæн, ирон дзырд ныр хъуысы ыстæм, Цы уыдзæн йæ сомбон, цæуылнæ тыхсæм?.. Ирыстоны мадау, ирон лæг, кæд уарзыс, Фæцудын уæд ма ’руадз нæ фыдæлты намыс! Нæ мадæлон æвзаг нæ уд у, нæ зæрдæ, Хæссæм æй мах хъуамæ фæлтæрæй фæлтæрмæ! НÆ ХУРЗÆРДÆ СТЪАЛЫ Кьостайы кадæн йæ 160 азы юбилеймæ Цы лæгæн уой дзыллæ, фыдызæхх йæ мæт, Чи судза сæ охыл цæхæры, Нæ фæзоны ахæм нывонд уд мæлæт, Уый адæмы зæрдæты ’рцæры... Нæ зæдбадæн, рухс дзуæрттæй рантыст Къоста, Ирыстоны хурзæрдæ стъалы, Уый мæгуырты талынгæй рухсмæ хуыдта, Нæ уыдис цагъарцардæй разы. 68
Тызмæг хъысмæт рахаста йемæ гуырдзæй, Нæ бахъарм йæ мады хъæбысы; Рæвдыд уыдис хæхты фарн, хуры тынтæй, Ныййарæджы иудадзыг мысыд. Æрвнæрæгау азæлд йæ «Ирон фæндыр», Ныфсдæттæг — йæ кæлæнгонд зæлтæ; Æрзылди зæланггæнгæ бæстæтыл ныр: О, диссаг, куыд агайы зæрдæ! Æлдариуæг дуджы кæм рæзы фæндон... Æнæбонты ’фхæрдæн нæ барста; Сæрибардзинадыл тох кодта æргом, Йæ фыссæн сис хъамайау карста. Дзырдаивад, заман, уыд мигъау æнуд, Æнхъæлмæ каст гени фæзындмæ... Нæ ирон поэзийы бауагъта уд, — Ысхызти Парнасы бæрзæндмæ. Къоста, ды дæ махæн нæ фæтæг, нæ зæд! Стæм бузныг Хуыцауы лæварæй! Дæ ныстуан куы ’ххæст кæнæм царды, гъеуæд Æрттивдзæн Ирыстон дæ фарнæй! СЫЛГОЙМАГ У УАРЗТ ÆМÆ ЦАРД Сылгоймаг кæлæнгонд у уарзтæй, Хæссы уый йæ кадджын ном — мад. Нывæнды йæ æгъуыстаг фарнæй Дунейыл æвидигæ цард. Их тайы йæ рухс цæстæнгасæй, Йæ бахудт, йæ узæлд — зæдау. Йæ сойæвдылд къухты бæркадæй Хынцынæн нæ кæны æвгъау. Куы фæзынынц адджын хъæбултæ, Уæд нал вæййы цинæн кæрон, 69
Фæкæсынц æм стъалытæ, хуртæ Зæрдæйы бæллиццаг фæндон. Къуырттон каркау хъахъхъæны алкæй, Нæ зоны æппындæр æнцой. Фæкуры сын амонд Хуыцауæй, Цæмæй мады фæндиаг рæзой. Сылгоймаг у къонайы фидыц, Йæ миддуне — арвау уæрæх. Йæ уарзæгой зæлтæ нæ ивынц, Йæ фæрцы цæрдхуыз у нæ зæхх. Сылгоймаг, нæ цард дæ, нæ уарзт дæ, Дæ хæрзтæн зæххыл нæй æмбал! Æмдзу кæнæд амонд дæ фарсмæ, Æнустæм нын дидинæг кал! ÆРДЗЫ НЫВТÆ Фантази Уалдзæг ралæууыди, зæгъгæ, Фесты зæхх дзæнæтон бæстæ, Дидинæгæй æрдз æрттивы, Цард дзыхъхъынногæй æхсиды. Æрдзы сконд нæ ’фтауы дисы; Хур йæ зæрин тынтæ ’лвисы, Мæйы уындæй зæрдæ райы, Донхауæны йæхи найы. Стъалытæ цæхæртæ калынц, Зæхмæ мин цырагъы дарынц, Арвæй уарзон цæссыг хауы, Хуымтыл хорæрзад æфтауы. Хæхтыл урс цъититæ тайынц, Уырдыджы цыхцырæй уайынц,
Комы агуылф кæнынц иумæ, 'Лвасынц ’взонг дæтты сæхимæ. Тагъд кæнынц æбæрæг ранмæ, Се ’нусон цæрæн бынатмæ... Денджыз сæ рæвдауы худгæ, Уылæнтыл сæ скъæфы узгæ. Уæлæ иу сæрджын дзæбидыр — Рындзыл, бур ыстъæлф йæ риуыл... Хъуамæ ныр хæца сыкъайæ, Равдиса лæгдзинад къайæн. Систой хъæр мыстæй, хъæндилæй, Амондджындæр нæй сæхицæй, Алчи дзы йæ уарзты руаджы Уайтагъддæр æмбал ыссары. Згъоры бындзыты къорд фæзмæ Дидинджыты адджын тæфмæ; Уафы хæлуарæг йæ тынтæ, Й’ амæттаджы ласы къуыммæ. Стынг и хъæлдзæгдзинад фæзы, Цæргæс бæрзондæй фæлгæсы, Мæргътæ базарынц æмгуыппæй, Кафынц арсæй уа сæгуытæй. НÆ ФЕДТАМ МАХ ХÆСТ Цъæх арвы бын хъæлдзæгæй рæзæм, Нæ федтам, нæ зонæм, циу хæст, Йæ хабæрттæ йын арæх хъусæм Нæ хæстон бабатæй æрмæст... Æзнаг нæм æрбабырста ’нæнхъæл, Уыд тугдзых, цæф сырдау ызнæт. Йæ сау фæнд йæ хъуыры ныццæхгæр, Нæ зæххыл ыссардта мæлæт. 71
О, цас адæм бабын и тохы... Цыппар азы дæргъы уыд хæст. Нæ зынгхуысттæ не сты, нæ, рохы, Сæ ингæнтæм дарæм нæ цæст. Æрхаста нын уалдзæг Уæлахиз, Фырцинæй цæхæр калы æрдз! Зæрин хур нæм худгæ æркастис, Зæрдæрухсы цардæн фæрæз. Уырнæд уæ, хæстон ветерантæ, Æрттивдзæн Сæрибардзинад! Арф бады нæ зæрдæты махæн Фыдыбæстæм уарзондзинад. Хæсдзыстæм уæ къамтæ мах буцæн Æрвылаз, Уæлахизы бон, «Æнæмæлæт полчы» æнустæм Цæрдзæни уæ намыс, уæ ном! ФЫССÆДЖЫ МÆСЫГ Фыссæгæн йæ чиныг — йæ мæсыг, — Йæ хъæбул, йæ цин æмæ уарзт; Иæ уындæй сывæллонау рæзы, Сæ дадзинтæ иумæ сты баст. Фæлгæсы пехуымпарау дардмæ, Æрвгæрæттыл ахæссы цæст, Фæнды йæ, куы цæриккой адæм Хæлар æмæ ’нгомæй æрмæст. Зындзинæдтæ ницæмæ дары, Æхсæв дæр нæ кæны фынæй, Иæ хъуыдыты къуыбылой халы, Рæвдаугæ йыл узæлы мæй. Поэтмæ ис курдиат Хуыцауæй, Йæ зæрдæ парахат, уæрæх; 72
Рæвдыд ысты йе сфæлдыстадæй Æппæт цæрæг адæм, нæ зæхх. Æхцонад уæд райсы йæ фыстæй, — Куы дзы ’нкъарой адæм æвдадз, Куы зæгьой йæ кæсджытæ ’мдзыхæй, Сæ арфæйы уарзон ныхас. Иæ зарджытæ агайынц зæрдæ, У дидинты фæзау сæ конд; Сæ зæлтæй ныннæрынц нæ хæхтæ, Лæджы монцтæ сисынц бæрзонд. СÆРИБАРЫ ОХЫЛ Знаг, сырдау, куы ’рбабырста нæ зæхмæ, Не рагъæн куы рæвдз кодта къæлæт, Скарста уæд нæ Сырх Æфсады зардæ: «Райгуырæн бæстæ кæнæ мæлæт!..» 'Рлæууыд хохау карз тохы йæ ныхмæ, 'Вдыста алкæм намыс æмæ цыт, Тардта знаджы сæрсæфæны былмæ, Зæхх тæссæй йæ къæхты бынмæ сыгъд. Сты æмзонд цæрæгадæмæй, ’фсадæй, Рухс сæрибар зæрдæты цæры... Алчи дзы, йæ уды ’нтыстдзинадæй, Стыр Уæлахизы бонмæ цæуы. Бафæлдæхта дзыллæ дæр йæ дыстæ, Не ’фсадæн æххуыс кæныныл тыхст. Карста чи æхсырфæй хоры хуымтæ, Кодта чи акъоп къахыны куыст. Рарæвдз ысты чызджытæ дæр хæстмæ, Айрох и сæ чындздзон кары уарзт; Баста чи æвзонг салдаты цæфтæ, Чи та тохмæ хæдтæхæгыл тахт. 73
Уалдзæг нын æхцон хабар æрхаста: Банцад хæст, Уæлахиз нæм æрцыд... Уым хæстон йæ рæзгæ туг ныккалдта, Знагимæ хъæбатырæй хæцыд. Абон сæ сæрыстыр у нæ бæстæ, 'Нæмæлгæ полкъ басгуыхти сæ ном; Цин кæнæм Уæлахизыл сæ фæстæ, Фæлæ баззад зæрдæты хъæдгом. Парад нæ æрæмбырд кæны иумæ, «Полкъимæ» сæрбæрзондæй цæуæм, Æрдз дæр калы дидинæг нæ цинмæ, Адæмтæм æцæгдзинад хæссæм. КЪОСТА ÆДЗУХДÆР НЕМÆ Цы лæгæн уой дзыллæ, фыдызæхх йæ мæт, Чи судза сæ охыл цæхæры, Нæ фæзоны ахæм нывонд уд мæлæт, Уый адæмы зæрдæты ’рцæры. Бæлццоны сæрхъуызой, нæлгоймæгты зæд, О Уастырджи, зæрдæ дæ райы!.. Фыдгулæй куы бахызтай Хетæджы, уæд Ды хъахъхъæдтай махæн Къостайы! Æнæбон мæгуыртæн нывонд уыд йæ цард, Сæ тухи йæ тугæй ныффыста: Йæ «Ирон фæндыр»-ы тæригъæддаг цагъд — Сæрибармæ сидты тырыса. Æдзухдæр йæ хурæмдых тафсы тынтæ Мæрдтæй дæр фæузæлынц махыл: Куы баййафæм царды тыхст заман, зынтæ, Фæфæдзæхсæм Иры йæ фарныл. 74
Æртæхау — сыгъдæгуд, рæстзæрдæ — зæдау, Цыма уыд уæларвæй æрцæуæг... Йæ алы уæнджы дæр — æфсарм æмæ ’гъдау, Иæ миддуне — рухс цард нывæндæг. Дуг ивдзæни дуджы, фæлтæры — фæлтæр, Æрттивдзæни не стъалы ирддæр; Æнусы æнустæм йæ уды цæхæр Нæ бамынæг кæндзæни ингæн. Дæ мысæн бон — махæн бæрæгбон, Къоста, Нæ гени, нæ адæмон фæтæг! Нæ Иры цыкурайы фæрдыг, хæзна, Кæй тæмæн нæ раивдзæн рæстæг! НÆ УАРЗОН СЫХБÆСТÆ Мызуры сых Алагиры Ралыгъд Уæлладжыры хæхтæй Цардагур кæмтты дзыллæ; Быдыры зад дыргъты уæзæй Бæлæстæ тасынц бынмæ. Хъæуастæу райрæзт сыхбæстæ, «Магкæты сых» уыд йæ ном; Бирæ мыггæгтæ сæ фарсмæ Уыйфæстæ ’рцарди бæстон. Хистæртæ зæрдыл æрлæууынц, — Дзуæрттыл ысты нæм нымад... 'Нкъарæм, цыма нын фæдзæхсынц: «Ахæссут сыхбæсты кад!» Табу, сæ рухс ном нæ фесæфт, Абон сæ мах дæр фæзмæм: Иудзинад, иузæрдæ — не ’хсæн, Царды сæ фæдтыл цæуæм. 75
Исты ’гъдау сыхы куы вæййы, Хъуыддагæн — фезмæлд фæрæз; «Цума»-дзы никæмæн хъæуы, Алчидæр зоны йæ хæс. Сыхбæстæ, кад æмæ радæй Цæйут æнгомæй цæрæм! Хистæрты ’видигæ фарнæй Фидæнмæ амонд хæссæм! ТÆХУДИАГ Тæхудиаг, æвзонг бонты Кæмæн уыд ныфс йæ фыд, Кæй хаста буцæн йе ’ккойы, Йæ фæдыл чи уад цырд. Тæхудиаг, чи бафиддзæн Ныййарæгæн йæ хæс; Кæддæр-уæдцæр ын чи ссардзæн Йæ сæххæстæн фæрæз. Тæхудиаг, кæмæн хъуысдзæн Йæ фæстæ дæр йæ зард, Кæй номыл дардмæ азæлдзæн Ирон фæндыры цагъд. Тæхудиаг, зæххон царды Кæмæн баззайы фæд, Кæмæн дæтты хæмпус æфсир Йæ арфæйаг хуымгæнд. Тæхудиаг, кæмæн бантыст Ыснывæндын хæдзар; Кæй сагъд бæласыл цин кæндзæн Йæ къонайы бындар. Тæхудиаг, кæмæн вæййы Зæрыбонмæ йæ цард; Чи бакæны зæрдæфæндон Иæ адæмæн лæггад. 76
МАДЫ ЦИН 'Взистау, æрттивынц нæ хæхтæ, Арвыл нæй мигъы цъупп — мур... Айрæз, мæ хъæбул, мæ зæрдæ, Ме стъалы, ме’рттиваг хур! Рацу мын адæмы рæгъы, Сиргæ куыд уайа дæ бæх; Цæргæс бæрзæндты фæтæхы, Арвы тыгъдад ын — уæрæх... Бирæ фæндæгтæ ис царды, Базон дзы ссарын хуыздæр; А зæххыл алчи хæс дары, — Разын сæрæнгуырд ды дæр! Балцвæндаг авгау нæ вæййы, Бабыхсын хъæуы зынтæн... Тæрккъæвда уайтагъд фæвæййы, Арвæрдын стулы хуынæн. Лæгтыдзуар — де’мбал фæндагыл! Адæмы астæу — нымад. 'Нгом хæц ирон лæджы фарныл, Цин дыл куыд кæна дæ мад! ФЫДЫБÆСТÆ Нæ фыдыбæстæ — бинонтæ, нæ къона, Нæ Ир, Уæрæсе — горæтæй, хъæуæй, Нæ адæмтæ — уырыссаг уа, ирон уа, — Зынаргъдæр махæн хи бæстæйæ нæй. Фыдыбæстæ — нæ сабидуг, нæ авдæн... Æнкъарæм дзы ныййарæджы рæвдыд. Нæ дадзинты — йæ хъыг æмæ йæ зарæг, Нæ хъысмæттæ — æфсæн бæндæнау быд. 77
Кæд пиллон калдта зæхх фыдгулы зынгæй, Уæддæр нæм дардæй хуры цæст зынди... Фæци фыдæнхъæл тугдзых сырд йæ фынтæй, Йæ марг фæдтыл, цæф бирæгъау, лыгъди. Нæ дзыллæтæ, æмзæрдæ æмæ ’мзондæй Ыснывæстой сæрибарæн бындур. Цы зынтæ федтой ’ххуысхъомæй, хæстонæй! Сæ фарнæй абон узæлы ныл хур. Фыдæй фыртмæ нæ хъæбатыр æфсæдтæ Нæ бауагътой Фыдыбæстæ дæлбар... Фæзмут-иу сæ, нæ сомбоны фæлтæртæ, Бæрзонд хæссут сæ намыс æмæ ’хсар! Фæхъæуы, хатгай, равдисын нæртон тых, Æнæнхъæлæй куы райхъуыса фæдис... Рæвдз хъуамæ уа, нæ хъахъхъæнæг, дæ хотых, Гæрзифтонгæй йæ знаджы ныхмæ сис! ДÆ ФÆЗЗЫГОН НАЙ Адæмон поэт Дзасохты Музаферы 75 азы юбшеймæ Дæ фæндагыл æфцгуыты сæрты хизгæ, — О, цас бавзæрстай хъизæмар-фыдбон!.. Цыдтæ æдæрсгæ, царды зынты ’хсидгæ, Нæ кæныс абон дард балцыл фæсмон. Дæ сабибонты хъысмæт уыд цæлхдурджын, Нæ банкъардтай ныййарджыты рæвдыд... Дæ идæдз мад — æртæ ’нахъом хъæбулджын — Æвирхъау цауæй ингæнмæ фæцыд... Ныббыхсыдтай æппæт удхайраг бонтæн, Фыдау уыдтæ дыууæ кæстæрæн ныфс. Фæндаг ыскодтай рухсадмæ дæ хотæн, Ысфæлдыстад дæ зæрдæмæ ныххызт. 78
Хъæздыг—дæ фæззæг, хосгæрсты—цъынатæ... Цæуы сæ цурæй дидинты хæрздæф, Тындзы нæ алкæй фæрныджы бынатмæ, Хæссы æвæджиау цардхъомыс уæлдæф. Нывонд кæныс дæ уд, дæ хъару Ирæн, Тырныс, цæмæй нæ фидæн уа рæсугъд. Кæныс лæггад нæ чысыл хуртæн бирæ: Дæтты дæ «Ногдзау» сабитæн хъæрмуд. Дæ удвæллойæн стыр кад ис нæ Иры: Ныр Адæмон поэт ысси дæ ном; Хуыздæрты ’мнымад — Фысджыты цæдисы. Ирон æвзаг дæ уды ’рцард бæстон. Фæцæр, Музафер, ногдзауты фæндиаг! Дæ лирæ калæд иудадзыг тæмæн! Дæ сурæт у фæстагæттæн фæзминаг, Сæ райдзаст фидæн — фарныхос дæуæн! ИРОНДЗИНАД НÆ ТЫХ У ЦАРДЫ Ирондзинад нæ тых у царды, Йæ уаргъ, сыгъзæринау, — уæззау; Фыдæлтыккон æлутон цады Æхсыст æхсар, æфсарм, æгъдау. Ирондзинад нæ тых у царды, Бæрнон йæ паддзахадон хæс: Хæстыбон хъахъхъæны йæ барты, Уæлахиз рухс цардæн фæрæз. Ирондзинад нæ тых у царды, Хæлар, быхсондзинад æм — фаг; Нæ хъыгдары ирон сыхаджы, Уæрæх ын зæрдæмæ фæндаг. Ирондзинад нæ тых у царды, Уым ис нæ фарн æмæ нæ кад. 79
Ирон æвзаг нæ уды бады, Æдæппæт хорзæхтæн — сæ мад. Ирондзинад нæ тых у царды, Ирыстон — арфæйаг бынат; Ам алчи буцдзинад æнкъары, Цæры дзы цал адæмыхатт!.. Ирондзинад нæ тых у царды, Ыстæм хъæбатыртыл нымад, Нæртон хъару ис иудзинады, Æмзонд — нæ арфæйаг хъуыддаг. ХЕТÆДЖЫ КУВÆНДОНЫ РАВЗÆРД Рагон таурæгъмæ гæсгсе Лыгъд Хетæг æфсымæртæй дардмæ, Уыди сæм йæ марынмæ фæнд. Ысхæццæ ныры рухс бынатмæ, Дард нал уыдис комы дымæг. Сырдтой йæ уæлбæхæй рыгкалгæ, — Куыд зынаргъ у иу уысм рæстæг!.. Бæргæ тындзы Хетæг дæр размæ, Фæлæ йæм фыдгул уыд хæстæг. Æгъорынц йæ фæстæ рыгкалгæ, Æрбазынди комыдымæг; Бæргæ тындзы Хетæг дæр размæ, Фæлæ йæм фыдгул уыд хæстæг. «Фæрæвдздæр кæ, Хетæг, цырд хъæдмæ!» — Кæцæйдæр æрбайхъуысти хъæр. Æрбаввахс æм марæг æрцæфмæ: Чысыл ма, — фæтахтаид сæр. Фæцырд æм и Хетæг фæстæмæ: «О чи дæ, цы бардуаг, цы зæд? Æз бафтдзынæн хъæдмæ æрæгмæ, — Хъæд фестæд мæ цуры уæлвæд!» 80
Хъæд уайтагъд йæ алфамблай февзæрд, — Æрбатар и лидзæджы ’ндæрг. Йæ марджытæй Хетæг ныр фервæзт, — Уыд Уастырджи йе ’ххуысгæнæг. Æрбæстон, æрынцади Нары, Йæ мыггаг ныззылдис уæрæх. Ныр, абон Къостайы ирд стъалы Æндавы Ирыстоны зæхх. ХЪЫЗТ ЗЫМÆГ — ТЫХСТ ЗЫМÆГ Систа уадтымыгъ фæлдзæгъдæн, Арвæй бумбулитæ тахт... ’Руарыд мит лæджы бæрзæндæн, Нæу æдас, зымæг, зæйуат. Æрдз æвзист пæлæз æркодта, Хур фæдыдзырухс цæхгæр, Дон ма цадæггай æзгъордта, Хъуысти ихы бын хæл-хæл. Бамыр хъæд, ныхъхъус æнкъардæй, — Цъиутæн нал зæлы сæ зард; 'Рмæст ма бауасы уыг дардæй; Зæхмæ арвæй мæй нымдзаст. Хур бон мит сындæггай тайы, Фахсæй рагуылф кæны зæй... Арс зымæг йæ цардæй райы: Бон уа, ’хсæв, — кæны фынæй. Зымæг — сабитæн сæ бæллиц, — Уайынц къуыбырмæ цæрдæг, Хъуысы дард сæ хъæр, сæ фæдис... Бырæн — айнæгау дæвдæг. 81
СИДЗÆРЫ УАРГЪ Бæллиццаг кæм вæййы æнæ фыдæй цард: Фæкæсынхъуаг — сабитæ, тухийаг — мад. Лæппуйыл æвзонгæй æрæнцайы уæз... Цынæ куыст бавзæрстон царæнбонты æз: Хæдзары архайд уа, быдыры, зæгъай, — Хуым белæй фæлдахгæ, бæстон рывд у хай; Æххуысгæнæг—мадæн, хайуаныл — хьæдцзау, Уыгæрдæн — бæстон карст, цæвæгæй, лæгау. Æрвылрайсом поезды размæ цыдтæн, Пасылкæтæ ласæг хæрæгыл уыдтæн: Хæстонтæн æрвыстой чи дарæс, чи хæрд, Уæлахизы боныл æдзух уыд сæ мæт. Уæлдæр ахуыр райсынæн фадат нæ уыд, Куыд раздæр гæнæнæй фæллой кæнын хъуыд. Механичы дæсныйад райстон уæддæр, Æмбæрстон, йæ хъомыс кæй нæ у дæлдæр. Уæлладжыры райрæзти завод уæдмæ, Кæмæ кодта рагæй нæ дзыллæ бæлгæ. Уыди дзы куыстуаты бынæттæ дзæвгар, Хуыдтам æй фырбуцæн нæ дыккаг хæдзар... * * * Джыккайты Шамилы рухс ном дзы арын Ирд ыстъалы сау мигътæй ныттар и, Бамынæг йæ хурæнгæс цæхæр... Абон немæ Иры хъузон нал и, Бакъахыр нæ рухс мæсыг æгæр. Уæд æлгъыст дæ фыдгæнæг Хуыцауæй! Авд дæлдзæхы бастъæлæд йæ мард! Чи рацыд дæуыл, Шамил, мæнгардæй, Чи сласта дæ марынмæ йæ кард. 82
Ирæн кад кæнын хæсыл нымадтай, Раст цыма дын уыд ныййарæг мад... Хахуыртæй къæм бадын ыл нæ уагътай, Кодтай йын æвæллайгæ лæггад. Уарзон — адæмæн, уæздан ирон лæг, Сæвæрдтай ирондзинад бæрзонд. Де сфæлдыстад — рухс дунемæ хонæг, Арвæрдынау — авдæрттывд йæ конд. Дзаг дæ къæбиц цардхъомысы фарнæй, Д’ахуырдзаутæ — ноджыдæр фылдæр; Исдзысты дæнцæг дæ рæстуд цардæй, Фидæны сæ дуг куыд уа хуыздæр. Ир дæ мысдзæн — хохæй уа, быдырæй, Арф дæ сурæт зæрдæйы æвæрд. Банцади дæ ирд суадон йæ цыдæй, Фæлæ нæй дæ рухс номæн мæлæт... УÆЛАХИЗЫ УАЛДЗÆГ Фарæстæм май ’рхаста нын Уæлахиз, Рæстæджы фыдæвзарæнты ’хсыст... Арвæй та нæм хурзæрин æркастис, Æмæ йемæ цины бон æрцыд!.. Мысæм мах нæ цардбæллон хæстонты Чи бавзæрста ’лгъыст дуджы хъысмæт, Чи не ссыгъта уарзонад йæ сонты, Чи райста нæ сæрвæлтау мæлæт. Саумылаз арв ихуарæгау кодта, Зæхх хъæрзгæйæ пиллон арты сыгъд, 'Взонг салдат, хъæбулау, ын ард хордта, Тагъд дæрæн кæй æрцæудзæн лæгсырд. Тохвæндагыл Уастырджи уыд йе ’мбал, Фарн æмæ уæлахизбон хæссæг, 83
Кодта йын фылдæр йæ хъару, йе ’хсар, Иувæрсты-иу азылд, хатт, мæлæт. ’Нæмæлгæ хъæбатыртæн — сæ намыс, Фæлтæртæн у табуйаг сæ ном. Фæлæ, мад, дæ ингæнæй дзыназыс, Нал федтай дæ зынгхуыстты цæсгом. Зæрдæйы нæ цин æмæ нæ хъарæг Тар бон æмæ хур бонау цæрынц: Хъæлдзæг сидты риуы зæлы зарæг, Рухсаг рæгъы цæссыгтæ кæлынц. Иудзинады райгуырдис Уæлахиз, Знаг æрцыд нæ фыдыбæстæй тард... Фæлæ, оххай, цас туг дзы ныккалдис, Цал хæстонæн не сбæрæг йæ мард! 'Рмынæг и фыдызнагæн йæ цæхæр, Цадæггай йæ митмæсыг æртад. Систа къух йæхимæ Гитлер-сæлхæр, Райхъуысти йæ худинаджы мард. ФАРСТ Хатт мæхимæ фарста радтын: Чи дæн а зæххьтл, цы лæг? Кæд «æвзæр», йе «хорз» нæ хатын, Кæд мæ хъуыды у къуындæг? Ахуыр мын уæлдæр нæ бантыст, Фæлæ уый сæйрагдæр нæу... Уæнгты удвæллойад бахыст, Ныр, хъазуатон куыст, фæлæуу!.. Æз уыдтон мæ хъысмæт дардмæ, Уыд фæллой кæнын мæ уаг. Кодтой мын мæ куыстæн арфæ, Ис хæрзиуджытæ дæр фаг. 84
Пъеройæ дæр цух нæ фæдæн, Табу, райдыдтон фыссын, 'Мхиц у ’мдзæвгæтæм мæ зæрдæ, Ноггуырдау сыл æз тыхсын... Уарзын адæмы, мæ бæстæ, Ничи у мæнæй хъæстаг. Цардæн аразын фæрæзтæ, Рухсмæ кæстæртæн фæндаг. Нæй хуыздæр уæвын рæстудæй, Ма дар зæрдæйы хæрам. Батав адæмы дæ хурæй, Райсдзынæ дывæрæй хъарм. УЫДЫСТЫ ЦАРДБÆЛЛОН ЛÆППУТÆ Фыдыбæстæйы хæсты Уæлахизы боныл 62 азы сæххæсты фæдыл .. .Уыдысты цардбæллон лæппутæ, Æмæ сыл хур цъæх арвæй каст. Ныййарджыты зынгзæрдæ хуртæ Нæ зыдтой нæ фыдох, нæ маст. Уыдысты цардвæндаг къæсæрыл, Кæмæн уыд къай, кæмæн нæма. Æртыхсти мигъпæлæз сæ сæртыл, Ныккалдта саутуджы къæвда... Фыдгул æрбабырста æууæнкæй, — Ыскодта бæстæйыл фыдбон, Æмæ цагъайраджы къæлæтæй Æртхъирæн кодта нæм æргом. Фыдыбæстæ уыдис тæссаг ран: Сыгъдысты горæттæ, хъæутæ, Нæ дзыллæ сыстади фыдзаман: Кæнæ мæлгæ, кæнæ цæргæ! 85
Æзнаг уыд тугмондаг, æгъæтыр, Ысласта кæрддзæмæй йæ кард. Нæ æфсад карз тохы — хъæбатыр — Лæвæрдта сомбоныл йæ цард. Фæсчъылдым чи уыди æххуысхъом, Нæ бамбæхст бæллæхæй фæсфæд: Куыста — чи быдыры æрвылбон, Чи уагъта заводты æрмæг... Хæстхъом, гæрзифтонг партизантæй Æнкъардтой не знæгтæ ныхкъуырд Æппæт дзыллæты иудзинадæй Æзнаг æрцыд нæ зæххæй сырд. Сындæггай знаджы хъару сысти, Уыдта уый фыдфынты йæ цырт. Берлинæй цины уац сыхъуысти: Ыстыр Уæлахиз нæм æрцыд! Ныллæг уын кувæм мах, хæстонтæ!.. Цæрдзæн æнусбонтæм уæ кад. Уæнт рухсаг не ’фсымæртæ, хотæ, Нæ охыл чи радта йæ цард. ЦÆЙ ДИССАГ У ЦАРД! Бонвæрнон развæлгъау тайы, — Хурыскаст нал вæййы дард, Æртæхы бон йæхи найы, Уæдæ, цæй диссаг у цард! Хуры зынг дунейы тавы, Уафы зарин тынтæй фарн, Ие срухсæй æрдз тæмæн калы. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Уарзондзинады кæлæнтæй Ссудзы æвронг риуы арт, 86
Фесæфы хуыссæг фырмæтæй. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Куыстаг сæрæнгуырдты уарзы, Фырттæй сæрыстыр у мад... Хосдзау цъæх уыгæрдæн дасы. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Дзыллæ хъæбатыртыл зары, 'Нæмæлгæ свæййы сæ кад, Намыс тæппудтæн нæ бары. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Раст лæджы хорзæх ыссары, Адæмы астæу — нымад. Марг лæг фыдæлгъыст æвзары. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Ничи ис мадæй зынаргъдæр, — Уый дæтты цардæн бындар; Хурæй йæ зæрдæ у хъармдæр. Уæдæ, цæй диссаг у цард! Ничима бафсæсти цардæй, Искуы æрцæуы йæ рад... Акæсы ивгъуыдмæ дардæй. Уæдæ, цæй диссаг у цард! РУХСТАУÆГ Зæнджиаты Бæбуйæн мелюриалон фæйнæг байгомы фæдыл Хъæздыг у нæ Ирыстон рагæй-æрæгмæ Зынгæ-уынгæ номдзыд куырыхон лæгтæй, Чи никæд æрхаста æгад ми йæ сæрмæ, Кæй цырагъ æрттивы нæ Иры фæрнæй. Фыдæлты кад чи систа ноджы бæрзонддæр, Кæмæн уыд йæ дзыллæ, йæ бæстæ йæ мæт, 87
Чи баста йæ зондæй нæ адæмты ’нгомдæр, Кæмæн у цæвиттон нæ зæххыл йæ фæд... Гъе, ахæм нæртон гуырдтæй иу уыд Бæбу дæр, Кæмæн кæны абон нæ Ирыстон кад. Фæрныгады цардæн лæвæрдта йæ уд дæр, Цæстуарзонæй кодта мæгуыртæн лæггад... Йæ заманы сарæзта Цъæйы рынчындон, Йæ рухсхæссæн тынтæй ысрайдзаст и ком; Йæ фæрцы нæ аргъуан нæ фæци гæныстон, Рæстудæй нæ музейы ’рцарди йæ ном. Куы ахстой, куы мардтой нæ ахсджиаг лæгты, — Фыддуджы азарæй æрцыдис æфхæрд; Æвдæрзæн уылæнты, сæрсæфæны зæйты Рæстдзинады хъузон нæ зоны мæлæт. Нæ рухс аргъуан хайджын дыууæ хуры хьармæй: Къостайы нывæфтыд, Бæбуйы цæстдард... Сæ фæдзæхсты фарнæй, æнгом иудзинадæй Ысуыдзæн рæсугъддæр нæ иумæйаг цард. «СТЫР НЫХАС»-Ы АХАДЫНДЗИНАД Нæ ферох нæ фыдæлты «Ныхас», Ныххæлиу нæ Ирыл уæрæх, Йæ цардхъомыс фæрнджын цæстæнгас Æнкъары Ирыстоны зæхх. Уынаффæдон рагон «Ныхæстæй» Ныр райрæзт бæрнон «Стыр Ныхас», Йæ арфæйаг царды нысæнттæй Уый аразы хорздзинад цас!.. Йæ уæнгтæ — нæ куырыхон лæгтæ, Кæмæ ис фæлтæрддзинад, зонд; Æххæст кæнынц дзыллæйы фæндтæ, Ирондзинад исынц бæрзонд. 88
Ирыстоны кæстæртæм сиды, Куыннæ ’рцæуой дуджы æууæрст, Куыд сарæхсой Зилахар-симды, Куыд хæссой «Ныхасы» фæдзæхст... Кавказыл хæлардзинад тауы, Цæмæй уа æууæнкджын нæ цард, Дыууæ Иры баиудзинад ын Йæ ахсджиаг хæсыл нымад. ÆДЗАРД ХЪÆБУЛ Рæмонты Зæринæйы мæлæн бонмæ Сæрдыгон хур бон... æрдзы цъæх хъæбысы Чызджытæ хъазынц доны былгæрон; Тыфылтæ калгæ уылæн сæм кæй бырсы, Нæ уыди уый сæ зæрдæйы кæрон... Фæджих Зæринæ: йе ’мбалы дон ласы!.. Æваст æм былæй басхуыста йæхи, Фæлæ сæ ’рра дон арф зилæнмæ ’лвасы, Хъыгагæн, уый дæр й’амæттаг фæци. Йæ бонырухс ыл батар и æдзардæй, Нæ йын бантысти йе скъола фæуын... Куы райхъуысы дзæнгæрæджы хъæр дардæй, Æрцæуы уæд йæ рыст мадмæ кæуын. Зæрин хурау — хъæрмуд, сыгъдæг йæ зæрдæ, Йæ рухс цæсгом та — худгæ мæйы ’нгæс, Фæлæ ныр у æдзæм, æмыр йæ бæстæ, Нæ дзы хъуысы мæргъты рæсугъд хъæлæс. Цы загъдæуа æнæхатыр хъысмæтæн... Уый аскъуыдта æвзонг чызджыты цард, Нæ сын бауагъта разкъæрттæ ыскæнын, Нæ банкъардтой чындздзон афоны уарзт. 89
Ныр уæлмæрдмæ фæраст вæййы ныййарæг, Цæстысыг калгæ, дидинтæ хæссы, Ныббады хъуыры, цырты уæлхъус, хъарæг: «Цæй тыххæй мын у?» — хуызистмæ кæсы... — Ныббар, мамæ, фæсайдта мæ мæ уæндон, — Æрхастон дæм бæрæгбоны фыдох: Дæ буц хъæбул фæдисонæй фæдæлдон, Куыд зын у, ныр, æнæ кæрæдзи, ох!.. ЗАРÆДЖЫ ЗÆРИНГУЫРД Адæмон поэт Чеджемты Æхсары 70-æй азы юбилеймæ Зæрингуьфд ысуæвын—Хуыцауæй лæвардгонд... Нæ зынаргъ Æхсарбег, фæцæр нын фæрнæй! Нæ дзыллæ дæуæй у æвæджиауы райгонд, Иронæн æхцондæр дæ зарджытæй нæй. Дæ уаз нывæст мыртæ æрзылдысты дардыл, Нæ адæмыл тауыс ды фарн æмæ цин; Ды базыртæ садзыс нæ ирондзинадыл, Ды басгуыхтæ зарджыты куырдадз — зæрин. Куы айзæлынц Ирыл дæ лирæйы зæлтæ, Лæджы уæд æрфæнды бæрзæндты тæхын; Ныррухс вæййы цинæй æрхæндæджы зæрдæ, Æрцæуы та ногæй æвзонгæй цæрын. Дæ фæлмæн фыстадæй, цæхæруды хъармæй Фæсурыс лæджы сæрæй сагъæстæ, мæт, Æнкъары сæ алчи йæ зæрдæйы тагæй — Нæй зарæджы фарнæн дунейыл мæлæт. Куы зæла ирон зард, нæ фесæфдзæн не ’взаг, Æдзух нын дæтдзæни æвидигæ ныфс... Нæ уæнддзæн фыдракæнд Ирыстонæн йе знаг, Æрттивдзæн ирон зæхх, нæ баййафдзæн тыхст. 90
Нæ адæмон поэт, дæ бæркад — æгæрон, Дæдтыс ды нæ цардæн зæрдæрай фæрæз, Дæ цины бон махæн — нæ дзыллон бæрæгбон, Æнустæм æй кад æмæ радимæ хæсс! ФÆЗЗЫГОН БÆРКАД Фæивгъуыдтой бонтæ, Æрлæууыд фæззæг... Æфснайынц сæ хортæ, Ныр зымæг хæстæг. Фæтахтысты цъиутæ Æндæр бæстæм дард, Фæлæ ма дзы иутæн Æрбæстон сæ цард. Æрызгъæлди сыфтæр, Æрбæгънæг и хъæд; Нæ цæуы йæ уынæр Арв — мигъæй æхгæд. Æз райын мæ хуымтæй, Цæттæфснайд — мæ хос; Ныр сойджын мæкъуылтæй Æфсæддзæн мæ фос. Æппæт куыст дæр уарзтон, Нæ зыдтон æнцой, Мæ къонамæ хастон Мæ уды фæллой. НОГАЗ — НОГБОН... Ног аз хорзæхгонд у фарнæй, Йемæ циндзинад хæссы. Митын Дада нын хæларæй Уарзон арфæтæ кæны. 91
Уары мит фæрсмæ, тъыфылæй, Зæххыл райтыдта пæлæз... Хъæд æгуыппæгæй æрфынæй, Бамыр ’хсæрдзæнты хъæлæс. Цъæх заз баузæлыд митыл, Стынг и сабиты уынæр. 'Рттивынц стъалытæ йæ хихтыл, Калы ног чындзау цæхæр. Сау бæгæны сæр-сæргæнгæ Сæнхъызт, сабухта йæ фынк, Нард гогыз дæр, зæу-зæугæнгæ, Кувынафонмæ ысфыхт. Алчи гаджидæуттæ уадзы, Фынгтыл алцыппæт — уæзгæ... Æртхурон сойы цады хъазы, Дихгонд бинонтæн хæйттæ. Æфсин пух хыссæ æууæрды, Къæйыл басылтæ цæттæ... Бурфыхæй лæууынц рæгъ-рæгъы Уæнгуытæ, фыстæ, сæгътæ. Зилынц ’мбисæхсæв, хæдзаргай, Минæвар — хæдзаронтæ, Кафынц фæндырдзагъдмæ, радгай, Гъæйт гуыппæй, æрбабонмæ. Зæронд аз, фæу фæндараст, Фесаф сагъæстæ, цæмæй Ног азы нæ цард уа райдзаст, Ирыл хур кæса фæрнæй. 92
ФЫНДЖЫ ТЪДАУ Нæй хуыздæр ирон фынджы æгъдауæй. Алцы дæр дзы уагыл у, бæлвырд. Баззадис нын рагфыдæлты фарнæй, Арвæрдынау хуры тынтæй быд... Рабады куырыхон лæг йæ сæргъы, Стыр бæрнон у хистæры бынат. Гаджидæуттæ ’нувыдæй фæкæны, Рæвдз лæппу уырдыгыстæг — сыхаг. Дзура хъуамæ алчидæр йæ рады, Ма хала ирон æгъдауы фæтк. Чидæр хатт йæхи фæндтæ фæхъары, Нал фæкæны бадты уагыл мæт. Чи та хатт дæллаг кæронæй дзуры, Амоны бæрнон хистæрæн зонд. Барджын ныхас гъæйт лæгау фæкуры, Сисы хъæр-хъæлæба дзырд бæрзонд. Хъус, кæстæр, дæ хистæрмæ лæмбынæг! Хорз хистæр у дзуарæмсæр нымад. Кувæг лæгæн фидауы фæрнджын лæг, Сомбон та дæумæ хаудзæн бынат. ИРОНДЗИНАД — НЕ СКЪОЛА Ирон æгъдау — нæ диссаджы ыскъола! Нæ рагфыдæлтæй баззадис нын фарн, Æмæ йæ алы кæстæр дæр куы зона, Уæд аивдæрæй ’рвитдзыстæм нæ цард. Ирондзинадæн бинонтæ — йæ бындур, Ам бахсидынц уæздандзинад, æфсарм. Цы уына царды хистæртæй чысыл хур, — Зæры бонмæ уый ’нкъардзæни сæ хъарм. 93
Нæ хорз сидтытæ, гаджидæуттæ куывды, Сæ алкæцыйæн дæр дзы ис нысан, Ирон лæгæн йæ зæрдæйы фыст ысты, Йæ царды ахсынц стыр бæрнон бынат. Ирон лæг у зындгонд æгъдау, æфсармæй, Æмæ сæ хъахъхъæнæм нæ уды фарнæй! ПОЭТÆН Фыссы поэт, цы уыны царды, Цы хорз, цы аиптæ дзы ’нкъары. Йæ хъысмæт никуы уыд бæллиццаг, Нæ кæны ’нæмæтимæ ивддзаг. Рæстудæй баййафы тыхстытæ — Йæ ныхмæ хахуыры фыстытæ. Нæ асæтты йæ ныфс сæ фыдæй, Рæстдзинадыл лæууы хъæддыхæй. Æрцæуы хатт æрвыст уый дардмæ, Нæ бабæлдзæни лæг йæ цардмæ... Кæмдæр йæ талынг къуымы ’фхæрдæй, Нæ хизынц рухс хъуыдытæ сæрæй. Рæстдзинад хахуыртæй нæ мæлы, Фæскъæвда хур бон дæр ыскæны. * * * Поэт Чехойты Сæрæбийы рухс ном мысгæйæ Бадыхъæу — алæмæты хæхбæстæ... Хъуысы комæй ’хсæрдзæнты нæрын. Цардис ам кæддæр хæххон цæргæстæ, Уыд сæ фидар Чехойты мæсыг. 94
Райгуырд ам сæрæн лæппу Сæрæби, Фидæны ысфæлдыстадон лæг. Никуы ’рхаста уый йæ сæрмæ ’взæр ми, Йе ргом зæрдæ — цъитийау сыгъдæг. Дзыллæ, цард — йæ уды бæрц сæ уарзта, Ничи уыд йæ лæггадæй хъæстаг, Хи хъысмæт сæ хъысмæтимæ сбаста, Ссардта сын сæ зæрдæтæм фæндаг. О, цас бавзæрста фыдбонтæ хæсты!.. Ноджы ма æрцыд рæстудæй ахст. Искæд бон ма сæмбæлдзæн йæ бæстыл, Уый йæм фыны фенæгау-иу каст. Цардæн хæсыл хорзракæнд нымадта, Архайдта, цæйбæрц уыдис йæ бон, Йе ’мдзæвгæтæн йе ’взонг хъару радта, Стыр Хуыцауæй йын уыдис тæрхон. Не сты ’ргом нырма йæ хæзна бынтæ, Сæндидздзæн йæ лирæйы бындур. Скалдзысты тæмæн йæ фарны хуынтæ, Тавдзæн нæ, зæрин тынтау, сæ хур. НЕ ТЪДÆУТТЫ ФАРН Куы ’рцæра бинонты ’хсæн фарн, Нæу тас сæ мæсыгæн кæлынæй... Уыдзæн зæххон дзæнæт сæ цард, Сæ бонтæ ’рвитдзысты фæрныгæй. Иæ бындур къонайæн — æгъдау, Бæрнон ныййарджыты хæссинаг, Зæрдæйы хорзæхтæй рæдау, — Сæ уарзон кæстæртæн фæзминаг. Ирон æгъдæуттæ — фарнхæссæг, Æнæфыст диссаджы ыскъола, 95
Фыдæлты уаз фæткыл хæцæг. Нæ фендзæн цард-зынты тыхтона. Куыд фæрнджын у ирондзинад!.. Æрцыд нæм рагфыдæл алантæй, Æгъдау, æфсарм, æхсардзинад — Æхсыст сæ цыт æмæ сæ кадæй. Хæрзтау хæрзмыггагæй цæуы, — Лæггад хъæуы йæ хорæрзадæн, Гъе уæд хæмпус æфсир кæны, Ныккæнæн нал вæййы бæркадæн. Дæлæмæ ма ’руадзæм нæ фарн!.. Гъеуый у не ’ппæт хæрзты гуырæн, Уыдзæн нæ ирон къона хъарм, Æмæ зæрдæрайæ цæрдзыстæм. ЗÆРДÆРИССÆН ЦЫРТДЗÆВÆН Къостайы ног цыртдзæвæн фаугæйæ Цытджын Къоста, нæ Бонвæрнон стъалы! Цæмæн у уæд гæвзыкк хуызы æвдыст?.. Æгæнæгау, тæнцъар бызгъуырты бады, Цыма фæци дæлимоны æлгъыст. Кæуы йыл, цыма, йе стъалы уæларвæй, Йæ тæригъæдæй атъæпп уыдзæн лæг... Йæ сурæты нæй иу мисхал йæ фарнæй, Цыма у раст мæрдтыбæстæй цæуæг. Цы фесты уæд йæ рухс цæсгом, йæ дарæс? Уæйлаг нымæт — хæххон цæргæсау тыгъд, Йæ хъуыдыхуыз фæлгæст, йæ хæрзконд арæзт, Рæстадыл тох, йæ зынгзæрдæйы сыгъд? Нæртон Къоста — ирондзинады бардуаг! Цæмæн ферох уый авторæй, цæмæн?..
Йæ миддуне—сыгъдæг, йæ рухс дзуар — аргъуан, Æрвон тыгъдад — йæ парахат цæрæн... Йæ кады аккаг нæй дзырдтæ ыссарæн, Æрфæны Фæдау сæрттывта йæ фæд, Æрмæстдæр æй ис зæдтимæ ысбарæн, Уыдис нын рухсмæ тырысахæссæг. * * * Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ Зон, куыд тынг зынаргъ у Хи бæстæ лæгæн!.. Уый дæ туг, дæ мад у, 'Нæ уый нæй цæрæн. Равзæрдтæ йæ тауæй, Байрæзтæ дзæбæх, Згъордтай ам тъæпкъахæй, Даргъ уис уыд дæ бæх. Алцы дын ам зонгæ, Зæрдæмæ — хæстæг... Сабидуджы бонтæ Риуы арф æвæрд. Ды йæ ныфс, йæ цин дæ, Бакæн ын лæггад... Стут æмзæрдæ иумæ, Иумæ дæр — уæ цард. Хъахъхъæн æй фыдгулæй, Ма йæм æруадз маст... Домы, куыд хъæбулæй, Уарзон цæстæнгас. У къæрцхъус дæ хæстæм!.. Арæнтæм — цырддзаст! Хъахъхъæныс дæ бæстæ, Не ’руаддзынæ маст. 4 Гаматы Иван 97
НЫСТУАН Нæ ирондзинад бахъахъхъæ, ирон лæг, Уым ис нæ цыт, нæ намыс æмæ ’хсар. Куыннæ сыл кодта заманты фыдрæстæг, Фæлæ уæддæр нæ фесæфти сæ фарн. Цы ис зынаргъдæр мадæлон æвзагæй?! Кæмæй ысдзурæм мады ном фыццаг, Æрхæццæ нæм и скиф, сæрмæт, алантæй, Кæцы нывæнды миназты нæ кад. Фыдæлты фарн нæ тугдадзинты ’рцарди: Тыхджын æгъдау, уæздандзинад, æфсарм... Хъыгагæн, ныр, нæ ирд суадон ыслами, Æмæ нын сси йæ лакъон дон хæрам... Цæмæндæр систам не ’взагыл нæ къухтæ, Цæмæндæр хъазты нал зæлы фæндыр, Кæнæм нæхиуыл ’нæрвæссоны бустæ, Ирондзинадæй — фæсивæд мæгуыр. Æмтъеры дуджы нал фендавы хур дæр, Æнæнцой зæрдæ мæт кæны æдзух... Æфсымæрадон царды нæй фæцудæн, Æнтыстдзинæдтæй никæд вæййы цух... Æрбалæууæм кæрæдзимæ æнгомдæр!.. Къуыдар, дыгурæй, туалæй — стæм ирон. Æмзонд, æмдыхæй суыдзыстæм æндондæр, Къæдзæх фæлдахын бауыдзæн нæ бон! НÆ ФÆСИВÆД — НÆ НЫФС Куыд æрттивынц урс хæхтæ цъититæй, Куыд ирд вæййы стъалытæй арв, Цæхæртæ куыд калы æрдз дидинтæй, Раст афтæ — нæ кæстæртæй цард. 98
У не стыр ныфс махæн нæ фæсивæд, Нæ зæрдæ дзы райы æдзух; Хæссы уый фыдæлтыккон хæсæвæрд, Сæрбахъуыды — алкæд къæрцхъус... Сты ахуыры, службæйы раззагдæр, Спортерысты ’нтысттæ — бæрзонд, Цы ма нын ис уымæй ахъаззагдæр, Нæ кæстæр куы сгуыха нæртон!? Уый не ’руагъта никæд æгаддзинад, Нæ уыдис уый тохы тæппуд, Фæдис-хъæры ’вдыста æхсардзинад, Иæ уæнгты — алайнаджы туг. Нæ хæзна, нæ исбон — ирондзинад: Ирон æвзаг, намыс, æгъдау, Лымæн цард, куы хъæуа, — хъайтардзинад, Æзнаг нæм куы бырса сырдау. Зæгъы уын нæ зæрдæ ыстыр хæрзтæ, Цъæх арвы бын амондджын ут! Куыд кала тæмæнтæ Фыдыбæстæ, Фыдæлты фарн кадæй хæссут! * * * Дзуджыхъæуыл 225 азы сæххæсты бæрæгбонмæ Фæзынд кæддæр цæрæнуат Иры, — Быгъуылты Дзæуг æрынцад ам... Сæнайы хохæй Терк йæ риуыл Æскъæфта урс цъитийæ фарн. Ныр ам, Дайраны комы хъуырыл, Ныззылд æмбисонды сахар... Хæссы йæм хур йæ зæрин тынтыл Нæ кæмтты иудзинад, хæлар. 99
Цыдысты Арвыкомыл балцы... Æлвæста химæ сæ Кавказ; Æфтыдта дисы сæ ам алцы, Цымыдисаг — Владикавказ. Куыд рагон дæ, аланты бæстæ! Фæлæ дæ фарн цæры нырмæ... Дæ тугыстæг — хæххон цæргæстæ: Зураб, Къоста, Васо, Иссæ. Бæрзонд — дæ ахуырад, культурæ, Кæстæрты хъомылад, æгъдау. Домбайдых Иры сахъ лæппутæ — Спортивон ерысты — лæгау... Нæ мæсыг — Дзæуджыхъæу, нæ фидар, Нæ зæххыл пиллон арт куы сыгъд, Дæ риуæй хъахъхъæдтай сæрибар, Дæ бынмæ знаг дæрæн æрцыд. Æмзонд-æмдых фæлдахынц хохы... Нæ дзыллæ ’рбалæууыд æнгом, — Сæ фарнæй фесгуыхтæ ды тохы, Хæссыс «Хæстон намысы» ном. Ам цард æхсиды æмæ рæзы, Сты й’алы адæмтæ æмбар. Ирон хæлар зæрдæйы фæрцы Нæ сахар — иумæйаг хæдзар. Æрттив нын, стъалыйау, уæлвонгæй! Цæрæд æнусбонты дæ цыт! Цалынмæ тула дур уæлхохæй, — Æнæнцой Теркæн уа йæ цыд! 100
ФЫДУАЦ Джыккайты Шамылы 40 бонмæ Фыдуацы хабар айхъуысти нæ Ирыл — Нæ ахсджиагыл æрхауд уæларвæй дур. Ыстыр судзгæ маст арф ныххызт нæ риуы, Фæхъуыдис та нæ иу нæртон хъæбул... Цæттæ уыд сырд йæ фыдракæнды бонмæ, Ысласта зæдмæ марын охыл кард. Фæстаг хатт ма нымдзаст Сæнайы хохмæ, Фыдгулы къухæй бамынæг йæ арт... Æфтыдта фарн нæ рагфыдæлты фарныл, Æвæрд æм уыд ирондзинад бæрзонд. Йæ тох уыдис рæстдзинад æмæ кадыл, Нæ кæстæртæн лæвар кодта йæ зонд. Нæ быхсыдта йæ рæстаг уд мæнгардæн, Æнæраст митæн — пъеройæ рæхуыст. Йæ дзуринаг — æфхæрд хуымæтæг адæм, Хъысмæтазарæй чи ’рцыди æлгъыст. Фæдисау уыд Ирыстоныл йæ сагъæс, Нæ зыдта ’ппын йæ зынгзæрдæ æнцой, Æххæст кодта бæрнон лæджы уæззау хæс, Ныууагъта нын йæ бæркадджын фæллой. ЗÆХКУСÆДЖЫ ФАРН Цæмæй уа а дуне хъæздыг, — Лæууы зæхкусæг лæг уырдыг... Къæбæр, фыдызгъæл æмæ сой Ысты йæ æнувыд фæллой. Хъæуы æрмадз, хъæуы сæрбос, Ыстурвос рæгъæуттæ, фыс-фос; Фæлæ тыллæгæн нæй æмбал: Нæ алчи — хорæфсисæй хъал. 101
Чи кæна а зæххæн лæггад, Уыдзæн йæ къæбицы бæркад. Æнæ хор нæй зæххыл цæрæн, Зæххы сой — удыхос лæгæн. Цæмæй дæ сомбон ма уа ’вдæрзт, Æххæст кæ фыдæлты фæдзæхст: «Нæ тавæг — хур, нæ дарæг — зæхх, Ныззил дæ хуымгæндтæ уæрæх!» ФÆРНДЖЫН ХЪÆУБÆСТÆ Црауы 100 азы юбилеймæ Фарн æрхастай де ’нусимæ, О нæ уарзон хъæу Црау! Барæм дæ мах рухс хуримæ, Сты дæ быдыртæ рæдау. Райрæзт хъæу, ныззылди дардыл, Уынгтæ, хæдзæрттæ — фæлгонц. Æрдз дæр узæлы хæрзуагыл, Фесты адæймаг уæлмонц... Уыгæрдæн йæ адджын ронгæй Мыдыбындзыты хынцы. Цъитидон Црауы комæй Терчы хъæбысмæ тындзы. Хъæды бынмæ, хуссарварсы — Хуыцауы дзуары кувæндон, Дзыллæйы йæхимæ ’лвасы Рагон кадджын бæрæгбон. 'Рбæстон рахиз фарсы донæн Стыр Газзаты мыггаг — хъæу. Нал и дих зæрдæ фæсхохæн, Хуссар Ир нын исчи нæу. 102
Црау хъæздыг у номдзыд лæгтæй, Домынц кæстæртæй æгъдау. Райы зæрдæ сывæллæттæй, Уайынц ахуырмæ лæгау. Аивадæн ис фæрæзтæ — Райдзаст ирхæфсæн галуан. Къорд йæ хорз равдысты фæстæ Райсы къухæмдзæгъд салам. Бузныг, чи тох кодта хæсты, Мысæм, чи радта йæ цард. Абон цин кæнæм сæ фæрцы, Немæ бамдзæрин сæ кад. 'Рттив, Црау, — куывддон хъæубæстæ! 'Нхъæвзæд дзаг къæбицты сой. Макуал фехъус сау гæрæхтæ, Кæн сабыр царды фæллой. ÆРТТИВДЗÆН ЙЕ СТЪАЛЫ УÆЛАРВÆЙ Инæлар-майор Дзуццаты Бибойы номарæн Бибо — Ирыстоны нæртон гуырд, Мызыхъхъ, бæзæрхыгтæ, домбай, Хъуыддаджы — раст æмæ аргомдзырд, Нæ уарзта мидбынат цоппай... Куы бахъуыд сæр — цæуын фæдисы, Куы фæтыхст Хуссар Ир, Абхаз, — Æфтыдта йе ’взыгъдæй уый дисы: Фæзынди ’вваст æд хæцæнгарз. Йæхи взæрст, йе ’мхуызон гуырдтимæ Лæвæрдтой тугдзыхæн ныхкъуырд, Лæгдзинад равдыстой цытимæ: Лыгъди гуырзыстойнаг лæгсырд. 103
Нæ уадзы знæт бирæгъ йæ митæ... Фæцыд та сыхæгтæй фæдис: Тыхгæнæг, хъулгъа-экстремисттæ Æрдомдтой горæты æмбис. Бибо та фатау февзæрд тохы... Лæбурдта сусæгхин æзнаг; Фыдыкъæс хъахъхъæныны охыл Лæвæрдтой сахъгуырдтæ сæ цард. Нæ хъайтарæн йæ ном нæрыди, Лыгъди фыдгул йæ койæ дард, Ныр сусæг фæнд æххæст æрцыди: Иæ марæг разындис мæнгард. Гъе ахæм уыд Бибо-зынгзæрдæ, Нæ Иры хох-мæсгуытæй иу... Æрттивдзæн йе стъалы нæ сæрмæ, Йæхи йæм иваздзæн Хъæриу. ХЪЫГЗÆРДÆЙЫ ФÆДИС «Ирон фæндыр»-ы ’нкъард хъæлæс, Мæгуыр адæмы рис, Сæ хъизæмайраг царды уæз, Хъыгзæрдæйы фæдис. Зæлыд йæ зарæг хъарæгау, Æнæфæцудгæ — ныфс; Сæрибардзинад тауæгау Иæ удварны æнтыст... Куы фенид дзыллæ хуры цæст, Куы ’ндавид сæ фæрнæй, Куы ’ртаид арвыл мигъæмбæрзт, — Ныззарид уæд хъæрæй. Нæ тарсти уый зындзинадæй, Хæстон лæгау — æххæст... 104
Зæххон лæджы мæгуыр цардæй Йæ зæрдæ уыд фæлмæст. Æргом хæцыд æлдаримæ, — Кæй заман уыд æлгъыст... Уыд абарæн цыргъ кардимæ Йæ пъеройы рæхуыст. ТУГУАРÆН ХÆСТ Æртымбыл и сау мигъ нæ сæрмæ, Нæ адæм ма кодтой фынæй, Æрбахаста тугуард нæ зæхмæ, Бырста нæм фыдызнаг зыдæй. Фæдисы хъæр айхъуыст нæ бæстыл: «Æмдыхæй фæлæууæм хъæддых! Фæсмонгонд куыд фæуа йæ фæндтыл, — Ныссæдтæм фыдгулæн йæ ных!» Хæлар царды бадзырд дзы ферох, Æппæт зæххы цъар æй æрхъуыд. Нæ арæнтыл бацайдагъ карз тох, Ам райста æнæнхъæл ныхкъуырд. Æрбахæццæ сонтæй Кавказмæ, Йæ фæндаг ыстыр нефтмæ уыд. Нæртон тых æрлæууыд йæ размæ, Цæф сырдау йæ фæд-фæд фæлыгъд. Зыд бирæгъ йæ кæнон кæм уадзы, Æндзары нæ бæстæйыл арт. Нæ хæстон фыдыбæстæ уарзы, Йæ охыл лæвæрдта йæ цард. Йæ фыдвæнд йæ хъуыры фæбадтис, Йæхи зæхх дæр нал уыд йæ бар... Рейхстагыл нæ тырыса ’рсагъдис, Фашизмыл йæ дуне ныттар. 105
НÆ САБЫР ЦАРД ХЪАХЪХЪÆНДЖЫТÆ Фыдыбæстæ — нæ рухс къона, нæ авдæн, Нæ сабидугæн базыртæ дæттæг. Ам банкъарæм йæ хъарм хъæбыс нæ мадæн, Рæвдауы нæ нæ фыдæлты уæзæг. Æппæт дæр у нæ зæрдæйæн ам адджын: Нæ адæм, хæхтæ, быдыртæ, цъæх арв, Нæ рагон зæдбадæн бынæттæ — дзуарджын, Кæй фарн æхсиды тугдадзинты арф. Гъе, уымæн у Фыдыбæстæ зынаргъ нын; Иæ хъахъхъæныныл бахæрæм мах ард... Куы сфæнд кæна фыдгул нæм кард ысласын, Цыргъ джебогъæй æрцæудзæни уæд мард! Æххæст кæнæм мах службæйы нæ хæстæ, — Æхсæвæй-бонæй арæнтæ — нæ бар. Куы ’рлæууынц зæрдыл ’взонгчызджы ныхæстæ, Уæд уарзты цинæй зæрдæ свæййы хъал. Фæзминаг у фыдæлты намыс махæн, Куыд ныффæрæзтой карз тохы зынтæн! Нæ бакуымдтой цагъар уæвын æзнагæн, — Лæвæрдтой цард æнæмæлгæ цытæн. Ныййарджытæм уæ писмотæ æмбæлынц, Уæ æнтысттæй кæны сæ зæрдæ рухс. Сыгъзæрин Уастырджийыл уæ фæдзæхсынц, Куыд уат æвзыгъд, кæддæриддæр къæрцхъус. ФЫДÆЛТЫ ФАРН ЦÆРЫ Нæ бамынæг нæ рагфыдæлты «Ныхас», Иæ уынаффæтæ — хъомысджын ныр дæр. Куырыхон лæгты удбæллицы нысан — Ирондзинадæй ифтонггонд фæлтæр. 106
Куыд диссаг ысты не ’гъдæуттæ, æвæдза!.. Хъæздыг кæнынц йæ миддуне лæгæн; Нæ алчи сæ йæ удрæбын куы хæсса, Ирон фарн уæд нæ къонаты цæрдзæн. Нæ районы «Ныхас»-ы змæлд æхсиды, Нæ хъæутыл, сыхтыл анхъæвзти уæрæх. Нæ Иры кад бæрзонд хæссынмæ сиды, Кæй хъузонтæй у намысджын нæ зæхх. Нæ кæстæртæ — нæ фидæны зæрингуырд, Сымах ыстут алайнæгты бындар, Æмæ «Фыдæлты къахвæндæгтыл»-чиныг Уæ цардæн уæд ахъаззаджы лæвар. СИДЗÆРГÆС Мæ мад Челдионы мысгæйæ Ныййарæгæн тухитæ цас уыд!.. Хорз, рауад хæрзудæй сæрæн. Уыд артау йæ боныгон бакуыст, Æхсæв та цъындабийæн кæн. Лæгау уыд уынаффæмæ зондæй, Сатана йæ буцæн хуыдтой. О, цас федта царды фыдбонæй!.. 'Рмæст не ’рзылд йæ сæрыл куырой. Уыдис-иу уый хосдзау, хуымгæнæг, Куы ласта хъæдæрмæг сыфцæй, Куы та-иу уыд лакъон æзмæнтæг, Самандур кæнгæйæ цъыфæй. Ысфæнд кодта скæнын цæрæнуат, Иæ сабитæн хи къуым — хæдзар. Фæсхæсты заманы — мæгуыр цард, — Къæбæрцух — уыд алцы хъазар. 107
Куы арæзтой фæндæгтæ соса, Уæд ласта куы дур, куы æзмис, Къæвда уара, æви тæвд бон уа, — Йæ хайуаныл куыстмæ цыдис. Гъеуæдцæр йæ хъару нæ бандзыг, Йæ хъæбултæ ’ййæфтой рæвдыд... Нанайы хъæбыс сын куыд хъарм уыд! Зæлдагау — йæ зæрдæ, йæ дзырд. БАСЫЛТÆ Нæ дзыллæтæ, бæрæгбоны Кæхцæй ыскувæм, цæй! Нæуæг аз нын куыд æрхæсса Нæуæг хæрзтæ фæрнæй! Нæ лæпп-лæппгæнаг чъиритæ Æнхъæвзынц сойы, кæс!.. Сæ фарсмæ гогыз бурфыхæй Æруагъта фынгыл уæз. Фыцынц уæлкъæйыл басылтæ, Нæрсынц сæ фарсмæ фос: Фыстæ, сæгътæ, хыссæгалтæ, — Бæрæгæхсæвы хос. Æрбацæуынц хæдзаронтæ — Фæндыры цагъд, гуыпхъазт. Сæ кафæг пъолыл адæргъ и, Мæлæтдзагъыр — йæ каст... «Мысайнаг!» — зæгъгæ, ’рбайхъуысти, Æндæра, тагъд мæлдзæн. Æхца йыл куыддæр асæрфти, — Ыскафыди цæрдæг. Фæкодтой бирæ арфæтæ, Фæбадтысты дзæбæх... 108
Чи кувы гъæйттæй нуазæнæй, Чи банызта йæ рæгъ. Уæдмæ ысрæвдз æртхурон дæр, — Хай алкæмæн — æвæрд, Æмæ, куыд баззад, уыцы ’хсæв Æрцæуа хъуамæ хæрд. ÆВÆСМОН ХЪУЫДДАГ Авторæп йæхиуыл фыст Лымæнæй фæцардыстæм, Лекъон... Уыд не ’хсæн нæ фыдæлты фарн. Æфсины уарзт! Уа хорз дын фенон, — Ды уыдтæ йæ зæрдæйы хъарм. Цы боны дæу базыдта царды, Йæ зæрдæмæ бакасти хур, Уыдтæ йæм чындзагæн нымады... Куы ’рлæууис йæ иунæджы цур. Нæ зыдтам кæрæдзи æппындæр, Нæ удтæ дызæрдыг кæнынц; Нæ бахъуыд кæйдæрты фæрсын дæр, «Æнæмæнг чындзæхсæв!» — зæгъынц... Ыскарста дыууæйæ нæ зæрдæ, — Уадз рауайæд мады фæндон! Уый хиуæттæн хабар æппæлгæ... Иæ цинæн уæд нал уыд кæрон. Йæ уынаффæ, табу, фæрæстмæ, — Ис хъæбулæн ахджиаг æмбал. Нæ амондæй барухс йæ зæрдæ, Йæ идæдз уд сагъæссаг нал!.. Фæсмойнаг нæ ничи уыд царды, Ысхастам æмхуызонæй цот, Ысбуц кодтам ныййарæг мады, Кæй зæрдæ — зæлдагбыдæй конд! 109
НÆ ИУМÆЙАГ БÆЛЛИЦ Нæ дыууæдих зæрдæ, рынчынау — нæ кой... Нæ Хуссарæн сау мигъ нæ дæтты æнцой. Куы фениккам тагъддæр нæ бæллиц, нæ цин, Æндавид нæ ’мхуызон сæууон хурзæрин. Дыууæ Ирæй иу Ир ысуаид фæрнджын, Нæ хъуысид фæсхохæй ироны хъæрзын. Куыд цин кæнид зæрдæ, куыд раид нæ цæст, Æххæстгонд æрцæуид Къостайы фæдзæхст. Ысуаид нæ хъысмæт, нæ цардвæндаг иу, Фырцинæй ныннæрид бæрзонд хох Хъæриу, Ысулæфид гъеуæд кæмдæрид ирон, Æфсымæрты ног цард ысуаид бæстон. Нæй туджы алантæн дæлбарæй цæрæн, Гуырдзыйы фыдмитæм æгадæй кæсын... Æнусæй æнусмæ цы ’взарынц фыдæй! Лæгмæрдтæ, хъæусыгъдтæ ызнаджы зынгæй. Ныр абон нæ Хуссар хъæддыхæй зæгъы: «Цæрын мах нæ зæххыл хæдбарæй фæнды! Ис немæ цæхæрцæст Кокойты Эдуард, Иæ сагъæс — нæ фидæн, нæ иумæйаг цард. Кæнæм дыл æмхъæлæс, нæ раздзог, нæ ныфс, Нæртонгуырд, нæ разæй æдæрсгæ бырсыс! Уырны нæ, æрцæудзæн бæллиццаджы бон, Нæ сæрибардзинад — фыдæлты фæндон. Ыссардзæн фæрныгад нæртон зæххыл Ир, Йæ хуымты нæрсдзæни бæркадджын æфсир, Куы бауæм Уæрæсейы барджын цæрæг, Дунейы бæстæйы уыдзыстæм бæрæп» 110
НЕ ’ВЗАДЖЫ ФАРН Æвзаджы фарн æппæтæй дæр уæлдæр у, Нæ алчи дæр æй рахæссы гуырдзæй. Мæлæтбонмæ фæдзуры йыл цæрæг уд, Кæстæр фæлтæрæй ма уа рох цæмæй. Мад авдæн узгæ «алолай» фæзары, Йæ сабимæ нымдзаст вæййы зыдæй. Ныридæгæн уый мады дзырд æнкъары, Йæ буц ныхæстæм авæййы фынæй. Нæхи ’взагыл фыдæлтæн рухс фæзæгъæм, Нæхи ’взагыл нæртон Къоста дзырдта; Нæ Уастырджийыл кæстæрты фæдзæхсæм, Хæстон дæр æм нæхи ’взагыл куывта. Елхотæй дарддæр нал хъæуы, фæзæгъæм, Ирон лæг ыл æнæрвæссон кæны. Æфтауæм зынг нæ уидæгтыл нæхæдæг, Æмæ нæ уый къуырцдзæвæнмæ тæры. Цæй æмæ сисæм ’взаджы кад бæрзонддæр, Цæмæй йыл дзурæм сабийæ, лæгæй! Нæхи ’взаг æй нын ницы ис бæрнондæр Æмæ йæ дарддæр ахæссæм фæрнæй! ФÆРНÆЙДЗАГ ХИСТÆР Алагиры р-ны «Ныхас»-ы сæрдар Баскаты Никъалайæн Куырыхон, уæздан лæг Никъала Цæхæрцæст лæппу уыд кæддæр. Иæ хил кæд сæнтурс хуыз ыскалдта, Уæнгрог ма у абон уæддæр. Ирон туг йæ дадзинты хъазы, Иронау — йæ уаг æмæ цард. Ирондзинад адæмæн хъары, Нæ фыдæлты фарн æмæ кад. 111
Йæ архайд у не’гъдæутты иуыл, — Цæмæй уой кæрæдзимæ ’ввахс. Сæ хæрзæгæн райдыдта ’ндидзын Уынаффæдон — рагон «Ныхас»... Æмдзу кæнынц йемæ хæзнатæ: Ирон дзырд, ирон фарн, æгьдау, Цырагъау хæссынц рухс нæ цардмæ, Сæ узæлд у, хурау, рæдау... Никъала æгьдауæй — фæзминаг, Цæстуарзон, уæззау зондыл хæст; Сæрбахъуаджы заман — рæбинаг, Йæ хæсæвæрд — алкæд æххæст. Уæлдæр ахуыр райста бæстонæй, Нæ хæхтимæ схæлар æнгом... Куырттатæй, Уæлладжыры комæй Бæрнон куысты скадджын йæ ном. Зæгъы дын, Никъала, нæ зæрдæ: Сæдæ азы ’нæнизæй цæр! Куыд сæххæст уой царды дæ фæндтæ, Куыд рæза дæ фæндиаг фæлтæр! НЕ ВЗАГ — НÆ ХОТЫХ Ирон æвзагу, хъуыды æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæуæздандæр фæ- зилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнаипп æмæ коммæгæс хотых. Абайты Васо Æвзаджы фарн æппæтæй дæр уæлдæр у, Нæ алчидæр æй рахæссы гуырдзæй. Мæлæтбонмæ фæдзуры йыл цæрæг уд, Чындзæхсæвы дæр сисынц зард хъæрæй. Мад авдæн узгæ «Алолай» фæзары, Йæ саби йæм нымдзаст вæййы зыдæй, Уый ридæгæн йæ мады дзырд æнкъары, Йæ буц ныхæстæм авæййы фынæй. 112
Ирон дзырдтæй фыдæлтæн рухс фæзæгъæм, Уæлмонцæй йыл нæртон Къоста дзырдта, Нæ Уастырджийыл кæстæрты фæдзæхсæм, Хæстон дæр æм нæхи ’взагыл куывта. Ирон æвзагыл сæмтъеры нæ ныхас, Дæлдзинæгæй ма ’нæбары цæры; Бæрæгбон ын бæргæ кæнæм æрвылаз, Фæлæ нæ мæсыг сабыргай хæлы. Цæй, æмæ, сисæм ’взаджы кад бæрзонддæр! Цæмæй йыл дзурæм, раздæрау, рæвдзæй! Нæхи ’взагæй нын ницы ис бæрзонддæр, Æмæ йæ дарддæр ахæссæм фæрнæй! ЧИДÆ? Цы ’ппæлон мæхицæй, Ыстыр лæг нæ дæн, Нæ фæзмын æз искæй, Фырнымд лæг фæдæн. Дыууæ цæсты астæу Фындз бамбæхсн нæй: Зæгъдзысты йæ адæм, Ды чи дæ, кæмæй?.. Уæлæрвты куы тæхай: «Мæн хуызон кæм и?» — Фæкодтай æнæхай Хæлæрттæй дæхи. Нæу агургæ кад дæр, Уый не ’хсæн цæры; Дзæнгæдацагъд — къаддæр, Лæг уæвын хъæуы. Æрцæудзæн дæм амонд, Кæмфæнды куы уай: Æххæст кæ дæ баргонд... Рæствæндаг фæуай. 113
НЕ ’ВЗАГ — НÆ ХÆДБЫНДУР Цы адæм нæ зона йæ уидаг, йæ бындур, Кæй дзыхæй нæ хъуыса йæхи ’взагыл дзырд, Йæ миддуне суыдзæн, дзæгъæлау, мæгуырдæр, Йæ фидæн уыдзæни цæрæнбонты рыгъд... Зынаргъдæр нæй дунейыл мадæлон ’взагæй, Гуыбынмæ йæ ’мбары сывæллон æрдзæй, Фæхъусы рæвдауæн ныхæстæ йæ мадæй, Фæкæны йæ хъæбысы адджын фынæй. Ирон мыр, ирон ныхас агайынц зæрдæ, Нæ фыдæлты фарнæй у не ’взаг хæрзконд, Зæлдагхъæлæс зарæгмæ базмæлынц уæнгтæ, Æрхæндæг хъуыдытæй лæг фесты æвронг. Цы ма уа рæсугъддæр ирон лæджы куывдæй: Йæ сыкъайæ сиды нæ зæдтæм бæстон, Нæ зынгхуыстты рухсаджы сыстæм æмбырдæй, Ыссарæм сын алкæд æдзæмæй сæ ном. Ирон фарн,ирон намыс, ма уын уа сæфæн! Бæрзонд цъитихæхты ’хсæн скалдтат тæмæн... Æндонбазыр цæргæсты бæрзæндты бадæн, Фæтæнриу дзæбидырты айнæг хæтæн. Нæ номдзыд нæрæмонты суадоны гуырæн, Нæ фыдæл — аланты цæхæрæхсыст зæхх... Нæ быхсы хъæбатыр йæ дзыллæйы зынæн, — Сæраппондыл ратты фæстаг туджы ’ртах. Цы адæмæн нал уа йæ удæмбал йе ’взаг, Цы адæмæй рох уа хæзнаты хæзна, Дæлдзиныг кæнынмæ ныфсджын вæййы йе знаг, Иæ ном сæфынæй йын ысвæййы тæссаг. 114
ХЪУЫДДАДЖЫ ЛÆГ Бæрнон бынаты кусæг Уазиты Хъазыбегæн Уазиты Хъазыбег — Каджын лæг нæ Ирæн, Аивта йæ фæлгонц Уарзон Алагирæн. Бакæсут-ма паркмæ, Зæрдæ дзы куыд райы! Ыстыр уынгæй дардмæ Рухс цæхæртæ калы. Фонтанæй уæларвмæ Урс фæрдгуытæ хауы; Цъæх фæзы, йæ фарсмæ Сабиты къорд хъазы. Парчы лæгтæ мысынц Хабæрттæ уæлмонцæй Дзæнгæрджытæ хъуысынц Аргъуан — кувæндонæй. Агъуыстытæ, уынгтæ — Ифтонггонд бæстонæй. Ферох ысты зынтæ, — Ис фæндаг уæндонæй. Ногдзинæдтæ — бирæ, Се ’ппæт цæст кæм ахсы... Арфæ кæнæм иумæ, Чи сарæзта алцы!.. 115
ПАДЗАХАДОН ÆМВÆЗАДЫ Дзассохты Сергейы фырт Ллыксандрæн Мигътæй Хъæриуы хох разынд, Уромы дымгæ йæ риуæй, Бирæ зындгонд лæгтæ рацыд Комы зæрдæ — Алагирæй... Рахъомыл ’взонг лæппу Шурик, Хæс ын фæскомцæдис радта; Ферох дзы порти ’мæ турник, Партийы домæнтæ хаста. Сабидуг бирæ нæ хæссы, Ралæууы ’мбарыны афон; Царды фæнымайы хæсыл — Дзыллæйæн хорздзинад раконд... Равзæрста рухс фæндаг, — ахуыр, Æрдз æй ысбуц кодта зондæй, Айхъуыст нæ политик дардыл — Бæстæйы ’нтыстыты номæй. Фарны хъуыддæгтæ фæкодта, Адæм дзы стыр ныфс æнкъардтой, Сырæзт йæ фæрцы ыскъола, Кадæн йæхи ном ын радтой. Абон дзы Ир у сæрыстыр, Райы йæ арæхстæй зæрдæ. Кадджын у, дзуапджын йæ куысты, Стыр хæрзты бацыд нæ бæстæн. 116
* * * Алагиры мэр Гаджиты Гермæны юбилеймæ Гермæн — нæ горæты хицау, — Зæрдæ дзы ’нкъары æууæнк; Уарзы йæ царды рæстдзинад, Горæты уавæр — йæ мæт. Адæм æй уарзынц хъæбулау, Сабыр — йæ зонд уа, йæ дзырд, Тавы сæ ’мхуызон уый хурау, Алчи дзы ’ййафы рæвдыд. Алкæд æвзæрстыты афон Скæнынц ыл адæм хъæлæс, Зонынц, куыстæн у фæразон, Ссары хъуыддагæн фæрæз. Ис æм ирон фарн, ирон туг, Адæмы ’хсæнмæ цæуы, Алкæмæн — взонг у, зæронд у — «Бонхорз» кæдфæнды зæгъы. Горæты фæлгонц фæирддæр, Уынгтæ — хæрзæфснайд, сыгъдæг; Гъе, фæлæ, хатгай ма чидæр, Фосау, ныууадзы йæ фæд. Цæр, Гермæн, мады фæндиаг, Хур дыл æнусмæ кæсæд! Хорздзинæдтæй дæ фæзминаг, Адæмы хорзæх дæ уæд! 117
БÆРНОН КУСÆГ Алагиры районы сæргълæууæг Барахъты Агуыбейы фырт Артуры юбилеймæ Нæу æнцон хæссæн йæ уаргъ, Цасфæнды йыл дзурæм, Абон арфæ кæнæм мах Барахъты Артурæн!.. У йæ цардвæндаг рæсугъд, Æхсæнады кусы, Хъары районæн йæ уд, Зæрдæ йыл нæ худы. Хистæртæн кæны æгъдау, Рох дзы нæу нæ кæстæр; У йæ удыконд рæдау, Зæрдæ та — уæрæхдæр. Сты йæм хæстонтæ нымад, Скæны сын мадзæлттæ; Рох нæ уыдзæни сæ кад, Мысдзæни сæ бæстæ. Ис йæ хъæппæрисдзинад Горæты фæлгонцы, Районы рæсугъддзинад Иудадзыг — йæ зонды. Бузныг дын зæгъæм, Артур, Уæд уæрæх дæ фæндаг! Тавæд дæ æнусмæ хур Бинонты фæндиаг! 118
ИРОНДЗИНАДЫ СÆРХЪУЫЗОЙ «Стыр Ныхасы»-ы ссердар Басаты Барисæи «Стыр Ныхас» нæ фыдæлты Ныхасæн У фæдон ныры дугмæ гæсгæ, Хорз фæрæз — нæ дарддæры нысантæн, Уа цæмæй нæ царды уаг рæстмæ. Бирæ ис куырыхон лæгтæ Иры, Чи кусы йæ хæрзæгæн æдзух; Зонæм мах нæ сæрхъуызой Барисы, Чи уадзы уæззау уаргъимæ дугъ... Уый кæны ирон адæмы ’нгомдæр, Хъауджы нæу, кæмдæриддæр цæрынц. Исы уый ирондзинад бæрзонддæр, Æмæ дзы йæ ирд фæдтæ зынынц. Йемæ ис æмцæдисон æмбæлттæ, Чи уыдис бæрнон куысты нымад, 'Ххæст кæнынц æнувыдæй сæ хæстæ: Сбастой Иры фарнимæ сæ цард. * * * Уарз дæ бæстæ, зон дæхи, 'Хцондæр хи дзырдæй кæм и?! Рахæссæм æй мах гуыбынæй, Мады зæрдæйы рæбынæй. * * * Фыдæлты ’взаг, ирондзинад — Нæ уд æмæ нæ зæрдæ; Хæссынц нын семæ иудзинад Рæсугъд ирон æгъдæуттæ. 119
СОВЕТОН ДУДЖЫ ÆХСЫСТ Социологоп иртасæг Цогойты Тамерланы юбилеймæ Уыд заманы фæсивæдæн ыскъола — Фæскомцæдис, цы ран æхсыст йæ туг; Цæттæ уыд сидтмæ ’хсæв уа кæнæ бон уа, — Цы йын кодта йæ бар советон дуг. Хъуыдис тырнын фæсхæст хъазуатон куыстмæ, Хæслæвæрд пълантæ ’ххæст кæнынмæ — ’вронг, Цæмæй фæйлауой быдырты нæ хуымтæ, Цæмæй ыскусой заводтæ та ног. Гъе уыцы заман банкъардта йæхиуыл Нæ разагъды лæг, раздзог Тамерлан; Уыдис уæд Ленины значок йæ риуыл, Кæцы уыд цардæн арфæйаг нысан. Цыд иудадзыг уый къæпхæнтыл æдæрсгæ, Ссис партийы зæрдæдарæн фæдон, Цы ран куыста, уым рухс фæд зынд йæ фæстæ, У абон дæр ма иртасæг, бæстон. Куыд адæймаг, — нæй ахæм лæгтæ бирæ, Хæларзæрдæ, ирондзинадыл хæст; Хæссы фæрныгад ’нæвгъауæй нæ Ирæн; О, цастæ уарзы адæмæн йæ цæст! Йæ удуæлдай куыст — чингуыты бæлвырд у: Фыдæлты фарн, нæ истори, нæ цыт; «Ироны кодекс» удварнæй хъæздыг у, Æрцыд йæ сæры уаз хъуыдытæй фыст. Кæнæм дын арфæ кадджын бæрæгбоны, Наукон куысты кал-ма нын цæхæр! Дæу уарзынц адæм, чидæриддæр зоны, Æмæ сæ фæндиаг амондимæ цæр! 120
* * * Уæрæсейы æмæ пæ республикæйы хъæууон хæдзарады сгуыхт бæрнон Къадзаты Ростиславæн Ды басгуыхтæ, Ростик, нæртон лæг, Дæ быдыртæн домыс лæггад. Дæ хуымгæнды ’рттивы дæ удфæд, Гъе уымæн дзы исыс бæркад! Зæхх уарзын дын баззад фыдæлтæй, Гъе уый у нæ дарæг, нæ мад; Къæбæр у бæрзонддæр æппæтæй, Фынгæвæрды алкæм — фыццаг. Дæ хорæрзад аскъуыйы тугыл, Дæнцæгæн æркæнынц дæ кой, Иæ бæркад нæ абоны дугыл Æфтауы цæрæнфадат, сой. Нæ бауагътай колхоз фæцудын, Ыссардтай мадзæлттæ æппæт... Нæ бамынæг тракторты кусын, Хæрзаудæн куыстыл — дæ мæт. Æрыфснайыс зымæгмæ холлаг, Ис къæбицы алцы уæлдай; Дæ адæмæй ничи - фæсмойнаг, Сæ алчи дзы райсы йæ хай. Зæххы бæрнон! Иры хъуыстгонд дæ, — Ыскодта дын паддзахад аргъ!.. Æнæниз, зæрдæрухс - дæ бонтæ, Кæнæм дын ыстыр арфæ мах!..
Зарджытæ УАРЗТЫ ТÆМÆН Æрцыд зæрин æрдз уалдзæгимæ, У цардыхос зæххыл йæ хъарм, Уарзæттыл сæмбæлд арфæтимæ Æмæ сыл байтыдта йæ фарн. Æгæрон цинад дидинафон, Цæхæртæкалгæ ’рттивы май; Усгуры уарзондзинад раргом, — Хинымæр агуры йæ къай... Нæ федтон а дуне рæсугъддæр Æвзонг фæндырдзæгъдæг чызгæй, Йæ цæсгом хуры тынтæй рухсдæр, Йæ сау цæстытæй худы мæй. Иæ фæндырдзагъдæй зæрдæ райы, Лæг фесты базырджын æваст... Йæ цæстæнгасæй сонт уд тайы, Ыссудзы риуы ’хсидгæ уарзт. Ех, искуы ’рлæуу чызгайы фарсмæ, Æргом дæ бæллицтæ йын зæгъ... Æрхон æппæт хæлæртты хъазтмæ, Ныззил гуыппчындзæхсæв уæрæх. Мæйрухс æхсæвы уарзæгойтæн Райхæлд сæ зæрдæбын ныхас, Лæппу æнувыд уарзты коймæ Бахордта ард чызгайы раз.
УАСТЫРДЖИЙЫ ЗАРÆГ Кувæндон уæрæх ныззылд, — Аивдæр нæй дзуарæй... Ардæм фæдисмæ фæзынд Хъæд къæдзæхы фахсæй. Тæхгæ-нæргæ Уастырджи, Минæвар Хуыцауæй, Иры бæстæн рантысти Зæд — зæххон, дæ фарнæй. Ды куы ’мбæхстай Хетæджы, Хъахъхъæдтай Къостайы, Стъалы уыдтай йе ’ндæрджы, Арвыл ныр æнцайы. Хæстонтæн сæ сæрхъуызой, Уастырджи, ды уыдтæ, Карз тохы дæумæ куывтой: «Де уазæг — нæ удтæ!» Ал’ аз галгуывдтæ кæнæм, Уастырджи, дæ номыл, Буц кувинæгтæ хæссæм, Цин кæнæм дæ боныл. Дзыллæ уылæнтæ кæны Тымбылхъæды дзуармæ, Дымгæ физондæф хæссы, «Оммен» хъуысы арвмæ. Хистæр ракувы бæстон, Фынджы ’гъдау — йæ разы. Кæстæр балвасы йæ рон, — Хъазты рог æркафы. Курæм, Уастырджи, дæуæй: Уæд бæлццон рæствæндаг, Рæзæнт кæстæртæ фæрнæй, Гуырæд нæм цæрæццаг!.. 123
УАРЗТЫ КÆЛÆН Катайы бацыдтæн, Ме ’взонг риу басыгъди Уарзты цæхæрæй, чызгай. Гобийау бандзыг дæн, Сонтæй сæр разылди, Ех, ды куы бауис мæ къай! Хуры зæрин тынтау — Райдзаст дæ цæстытæ, Цæсгомæй ферттивы мæй, Дзыкку — хæрдгæбыдау... Урс хъуырыл фæрдгуытæ, Зæдæнгæс кондæй, уындæй. Æхсæв æгъуыссæгæй Суадонмæ бафтыдтæн, Азæлд йæ хъæлдзæг уынæр; Кастæн æдзынæгæй Мæйрухсы стъалытæм, Агайдта зæрдæ цыдæр... Минæвар барвыстон — Дзуаппæн цы ’рхæсдзæни? Хъуыдытæ анхъæвзтой дард. Хабæрттæ бамбæрстон: Фарн нæм æрцæудзæни — Амондæй райдзæн нæ цард. ЦАРДЫ ЦИН Хур сæумæйæ рæгътыл хъазы, Мигътæй расыгъдæг и арв; Зæхх йæ хъарм тынтæ йын нуазы. О, куыд хорз, куыд хорз у цард! Уарзты зынг цæхæртæ калы, Судзы сонт зæрдæты арт; Уарзæгойты мæй рæвдауы. О, куыд хорз, куыд хорз у цард! 124
Тымбыл кафт ыстынг и хъазты, Зæлы рог фæндыры цагъд; Хистæр гаджидæуттæ уадзы. 0, куыд хорз, куыд хорз у цард! Ноггуырд сисы хъæр фæдисæй, Цины аныгъуылы мад, Амондджындæр нæй йæхицæй. О куыд хорз, куыд хорз у цард! Хурты-хуры ’нгæс зæдыхай, Дуне ноггæнæг тых, уарзт, Æрдз йæ фарнæй у зæрдæрай, О, куыд хорз, куыд хорз у цард! БÆЛЛИЦ Бæллын, чызгай, дæ уындмæ, Æдзухдæр мæт кæнын... Фæдзурин дын мæ фынтæ, Кæд бамбарис мæ зын. Куы дæ ауынын дардмæ, — Фæсонт вæййын æваст: Тæхын, цыма, уæларвмæ, Ныррухс вæййы мæ уарзт. Сырх уардийау æрттивыс Æппæт дидинты ’хсæн, Зæрин тынтæ æлвисыс Сæууон хуры хуызæн. Нæй амондджындæр уымæй, — Кæмæн фæуай йæ хай, Кæй батавай дæ зынгæй, О саурæсугъд чызгай! Хъысмæт вæййы нысангонд: Мæ фæндаг у дæумæ. Мæ бæллиццаджы амонд, Мæ урс бæлон, кæм дæ? 125
УАРЗЫН ХОРЗ У Рагуалдзæг та нæм æрцыди, Фæзтæ дидинæг æфтауынц; Уарзты зынгæй риу ыссыгъди, Цæстытæ цæхæртæ калынц. Базард: Уарзын хорз у, о, куыд хорз у, Уарзт дæ хурæмбæрц куы тава, Уарзын хорз у, о, куыд хорз у, Лæг йæ хорз амонд куы ссара! 'Рттивы Бонвæрнон ыстъалы, Мæй дæр мидбыл худы рындзæй, Зæрдæ цины монц æнкъары Уарзоны зæдæнгæс уындæй. Базард: О чызгай, кæм дæ, цы фæдæ? Фембæлæм ма, цæй, ныхасмæ! Ма дар, ма дæ хъус æндæрмæ! Ма’ рхæсс фау мæ сыгъдæг уарзтмæ! Базард: Мемæ саурæсугъд ысразы, У нæ чындзæхсæв нысангонд. Ис ныр цардæмбал мæ разы, Уалдзæг нын æрхаста амонд. Базард: ИРЫСТОН Ирыстон, дæуыл у нæ хуыздæр зарæг, Мадау, ды махæн дæ нæ буц рæвдауæг; Æхсидæм иумæ Уæрæсеимæ, Æрфæныфæдау, гъей! 126
Нæ алы адæмтæ цæрынц хæларæй, Акувынц бæрæгбон ирон æгъдауæй: Æртæ ’ртæдзыхон, нæртон æлутон — Нæ фынджы фидауц, гъей! Арфæгонд фестæм мах хъæздыг æвзагæй, Цæхæртæ ыскалдта Къостайы фарнæй; Айзæлыд дардыл сæдæ æвзагыл Нæ хæхты хъæлæс, гъей! Нæ сахар Дзæуджыхъæу, табу дæ кадæн! Тохы уæлахиздзау, зынгхуыст салдатæн! Уый дæ йæ цардæй хъахъхъæдта знагæй Цæстыгагуыйау, гъей! Тæмæн кал, Ирыстон, нæ райдзаст бæстæ! Ирон фарн куыд хæссой нæ сахъ кæстæртæ! Хуссар — Цæгатæй, иумæйаг цардæй Куыд райа зæрдæ, гъей! Ирыстон,дæуыл у нæ хуыздæр зарæг, Мадау, ды махæн дæ нæ буц рæвдауæг, Æхсидæм иумæ Уæрæсеимæ, Æрфæныфæдау, гъей! АРКТИКÆЙЫ НОГДЗАУ Ирыстоны бæрзонд цъитиджын хæхтæ Ыснывæстой Куырдалæгоны ’рмадз; Æхсидынц дзы болатбазыр цæргæстæ, Бæрæг дарынц æндæр цæргæсты раз. Ам равзæрди цæхæрцæст гуырд нæ Ирæн, Уæлладжыргомы, Тибы хъæу — йæ мад, Кæмæн ысуыдзæн арфæйаг йæ фидæн, Иæ фыдыбæстæн чи скæндзæни кад. Æврæгътæм хæстæг бæрзондæй фæлгæсы, Зыны йæм дардæй денджызон тыгъдад; 127
Йæ уылæнты фæйлауын æм фæкæсы, Цыма йæм сиды: «О, фæзын мæм тагъд!» Йæ базыртæ фæйнæрдæм дардыл айста: — Фæхæссын дæм нæ рæсугъд хæхты фарн!.. Йæ хъæбысмæ йæ, мадау, фурд æрбайста: — Æгас цæуай, мæ хъæбатыр æмбал! Лæгæрды науыл денджызты æдæрсгæ, Йæ бæллиц сæххæст, цинæн нæй кæрон, — Нæртон лæгæн рæстмæ вæййынц йæ фæндтæ, — Ыссис нæ бæстæй дард балцмæ бæрнон... Йæ атомдых нау их океан фæйлауы, Цæгат полюсмæ айгæрста фæндаг; Уый Кучийы-фырт Арктикæйы сгары, Тызмæг æрдзы тых басаста фыццаг! Сырх тырыса зæххон бикъыл куы ’рсагъта, Уæд бафтыдта æппæт бæстæтыл дис. Йæ риуыл стъалы ирд цæхæртæ скалдта, Æмдзæгъд ын кодта не ’нтыстджын Цæдис! УАРЗТЫ ЦÆХÆРТÆ Райдзаст уалдзæджы тæвагæй Тайынц айнæгцъити хæхтæ; О чызгай, дæ цæстæнгасæй Агайыс лæппуйы зæрдæ! Булæмæргъ сæумæ куы зара, Зæлы уæд йæ хъæлæс дардыл, Уд æндæр уды куы уарза, Уæд æфтауы амонд цардыл. Рагуалдзæг æрхаста йемæ Уарзондзинады цæхæртæ; Ех, тæхуды, сæмбæл демæ, Раргом кæ дæ сусæг фæндтæ! 128
Мæй нымдзаст и мидбылхудгæ Уарзты дидинæгджын фæзмæ; Саурæсугъд, фæзын мæ цурмæ, Рагæй дæм кæсын æнхъæлмæ! 'Ртахт йæ сидынмæ йæ бæлон, Мин хурау ныррухс и бæстæ; Уарзты буц лæвар — уæлæрвон, Калы, стъалыйау, тæмæнтæ! Сбыдтой рухс ахстон сæ уарзтæй, Цин кæнынц сæ цардыл зæдтæ, Къона бахъæлдзæг сæ фарнæй, Азæлынц фæндыры зæлтæ. БАЙРАЙ, ИРЫСТОН! Байрай, Ирыстон, нæ зæрдæ! — Бæстæйы таурæгъон фырт! Не стыр Уæлахизы фæзмæ Бахастай кад æмæ цыт! Не знаг тындзыдта Кавказмæ, Дзæуджыхъæумæ уыд йæ ных, Хохау æрлæууыд йæ размæ Не ’фсад, нæ дзыллæйы тых. Знагæн аккаг ныхкъуырд раттай, Ссыгъдис йæ къæхты бын арт, Иры зæххæй йæ фæтардтай, Ногæй та райхъал и цард... Рæзынц нæ горæттæ, хъæутæ, Зад хуымтæ калынц цæхæр, Дарынц цъæх сойджын сæрвæттæ, Фыййæуттæ зарынц кæмдæр... Д ’адæмтæ ’нгомæй, хæларæй, Бинонтау иумæ цæрынц, 5 Гаматы Иван 129
Хайджын у алчи дæ фарнæй, Се ’гъдæуттæ ’нцойæ кæнынц. 'Рттивæд сыгъдæг арв дæ сæрмæ! Хæстæн куыд нал уа йæ кой! Райгæ куыд рæзой кæстæртæ! Адæм куыд кæной фæллой! УАРЗÆТТЫ ВАЛЬС Амонды фæзмæ сæрдыгон изæр Мæйрухс нымдзасти фæсхохæй, Уарзæтты басыгъта уарзты цæхæр, Ард хæрынц суадоны донæй. Æхсæвæй бонцъæхтæм абухта уарзт, Хуыссæг фæлыгъди кæдæмдæр, Арвыл æрмынæг и стъалыты каст, Амбæхсти сусæгæй мæй дæр. Ссыгъди сæ сонт риуты ’хсидгæ цырагъ, Каст у чындзæхсæвы бонмæ. Уарзондзинад у зæринбазыр маргъ, Сисы сæ арвы бæрзондмæ. Сырæзти фидыд сæ мыггæгты ’хсæн, Фарны дуар байгом и цардмæ; 'Рцыди йæ рæстæг сæ чындзæхсæвæн, Азæлы гуыпхъаст уæларвмæ. Ног чындз ыскалдта йæ уаты тæмæн, — Уый уыд йæ рухс бæллиц рагæй, Хызы бын бахуды мидбыл фæлмæн, Срайдзасти уарзондзинадæй. Къæсæрæй бахызт сылгоймаджы фарн, Къона ныррухси йæ уындæй, Бацайдагъ бинонджын арфæйаг цард, Буц ысты уарзты рæвдыдæй. 130
ÆНÆМÆЛГÆ ПОЛКЪ Æнæхъæн дуне срайдзаст и Уæлахиз боны кадæй; Æнæмæлгæ полкъ равзæрди Зынгхуыст хæстонты цардæй. Уæлмонц вæййæм сæ къамтимæ Мах парады сæ уындæй, Нæ фæсивæд, нæ сабитæ Дæнцæг исынц сæ цытæй. Хъæбатыртæ — нæ хæстонтæ, Чи бацарæфтыд тохы, Æрцардысты æнусбонтæм Нæ Æнæмæлгæ полчъы. Сырх пъагæттæ — сæ кителтыл, Æхсардзинад æвдисынц, Ыстъалытау, æвзонг риутыл Сæ хæрзиуджытæ ’рттивынц. Фыдыбæстæн сæрибар цард Сымах руаджы ис абон. Уæ намыс æмæ уе стыр кад Ысисты планетарон. Советон сырхæфсæддонтæ Æмдых, æмзондæй — иумæ, Фыдæзнаджы тых бадомгæ, Ныххæццæ сты Берлинмæ. Лæбурдта сырд йæ марг дзыхæй, Йæ бæрзæй йын ныссастой, Рейхстаджы сæрмæ барджынæй Сырх тырыса æрсагътой. 131
ЦÆСТ ДЫЛ ÆРÆВÆРДТОН Цæст дыл æрæвæрдтон, гъей, Хъазты куы кафыдтæ, Дардыл куы айтыгътай, гъей, Маргъау дæ базыртæ. Хурау тæмæн калыс, гъей, Урсурсид къабайы, Худгæбыл цæстæнгас, гъей, Зæрдæйы агайы. Дзуапп дæ куы агуырдтон, гъей, Дзыхы дзырд нал бадти, Фæндон куы бамбæрстон, гъей, Сæр мæ уæд бахъуыди... Хуыссæг мыл нал хæцыд, гъей, Бахаудтæн сагъæсы, Не стыр чындзæхсæвмæ, гъей, Сонт зæрдæ нал хъæцы. Снысан и цины бон, гъей, Фæззæджы афонмæ; Барæвдз и чындзæхсæв, гъей, Фидыд хуыцаубонмæ. Райхъуысти фæндырдагъд, гъей, Стынг и кафт уалынмæ; Сцымыдис хуынд дзыллæ, гъей, Чындзхонты зарынмæ. 132
КУЫ БАУИС МÆ ХАИ Уарзондзинадæй бæрзонддæр Ницы ис царды æппын, Уый бæтты адæмы ’нгомдæр, Тауы фæрныгад зæххыл. Ех, чызгай, искуы мæ уаты Къуымы куы ’рлæууис чындзау, Амондджын уаин уæд царды, Тавис мæ хуры тынау. Арвыл дæ агурын фыны, Ахæссын дунейыл цæст; Рухс цæсгом стъалыйы хуызы 'Рттивы мæнмæ кæд æрмæст. Де ’нгæс, чызг, ауыдтон хъазты, — Зæрдæ ныррухс и æваст, Фестадтæ цыма мæ разы, — Хур мыл дывæрæй æркаст. Ничи мæ хъæуы дæ разæй, О рæсугъд, ма кæн тæргай, Бузныг уыдзынæ дæ цардæй, Бауай рæхджы кæд мæ хай. Адджынæй иумæ цæрдзыстæм, Зæрдæтæ ’нкъардзысты ’нцой, Сабиты хъомыл кæндзыстæм, Иумæ кæндзыстæм фæллой.
ИУФЕНДÆЙ... — Усгур кæм нæ фæзылдтæн, М’ аккаг чызг дзы не ссардтон, 'Рмæст дæуыл куы сæмбæлдтæн, Иу фендæй дæ бауарзтон. Баком мын, рæсугъд чызгай, Буц уарзтæй дæ уарздзынæн. Кæд фæуай мæ уды хай, М’арм дын фынгæн дæрдзынæн. — Нæ, нæ лæппу, ма тагъд кæ, Нæй æууæнк дæ хъал зондыл; Чи дæ æмæ цавæр дæ, Уый мæ фæнды базонын. 'Рыхъуыстон кæмæйдæрты, У дæ уарзт цыдæрхуызон: Ц ’агуырдтай æндæр рæтты? Кæд нæ дæ æнæрвæссон... — Ард дын хæрын, о чызгай, — Нæй мын цард æнæ дæуæй; Иунæг ды — мæ зæдыхай, 'Рцардтæ арф мæ зæрдæйы. Аиуварс кæ сагъæстæ, Нæй бынат æнкъард бонтæн! 'Рттивынц нæм ыстъалытæ, Цин кæнынц нæ амондыл. Уайыхыл... Цы ма зæгъон? Фарн уынаффæ рахаста, Уарзты кæлæнтæй нæ ’нгом Фидар иумæ бабаста. Хохыл атылд хуры тын, Фемæхст цъити тайынмæ, 134
Азæлд фæндыры цæгъдын, Стынг и гуыпп-хъазт уалынмæ. Цæрдæг кафтæй ризы зæхх, Схъæлдзæг ысты уазджытæ, Чындзæхсæв ныззылд уæрæх, Арвмæ хъуысынц зарджытæ. ДИДИНДЖЫТЫ ФÆЗ Фæзы уалдзыгон фæлгонцмæ Дисгæнгæ нымдзаст дæн, Аныгъуылдтæн уарзты монцты Дидинджыты астæу. Диссаг, уæртæ иу сырх уарди Байтыгъта йæ сыфтæ, Раст цыма æнхъæлмæ касти Уарзоны фæзындмæ... Бонвæрнон æм арвæй хъусы, Сиды ’взонг лæппумæ: — Уый дæумæ йæ мидбыл худы, Бахызт уарзт йæ удмæ. Бахъазыдис æм йæ зæрдæ: «Дæу æртон, тæхуды!..» Бавнала йæм гъеныр, зæгъгæ, Февзæрд зæд йæ цуры. Дуне сыл ныррухс фырцинæй, Буц кæнынц кæрæдзи, Амондджындæр нæй сæхицæй, Банкъардтой кæлæн цин. Хур сыл узæлы йæ тынтæй, Къордгай зарынц мæргътæ, Æрдзы дидинты фæлыстæй О, куыд райы зæрдæ! 135
НÆ ЦАРДЫ ФИДАУЦ Сылгоймаг — зæххон Мады-Майрæм... Сылгоймаг — нæ къонайы хур. Хуыцау æй ысфæлдыста мадæн, — Нывæнды йæ фарнæй бындур. Ныййарæджы хъæбыс куыд хъарм у!.. Æхцондæр ран сабийæн нæй; Ам рæзы, æхсиды йæ хъару, Рæвдаугæ йыл узæлы мæй. Сылгоймаг у хо дæр, хъæбул дæр, Кæмæн та — йæ цардæмбал, къай; Нæй а зæххыл уымæй рæсугъддæр, Йæ конд, йæ уынд — дидинджын май. Сылгоймаг — бæрнон куысты кадджын, Хæдзары — бæркадкъух æфсин; Йæ хойраг — æлутонау адджын, Сатанайау — барджын æхсин. Сылгоймаг — йæ фидауц нæ цардæн... Нæ амонд йæ фарнимæ баст; Нæ зарджыты хуыздæр ыл зарæм, Табуйаг ныййарæджы уарзт. МÆ УРС БÆЛОН Усгур хъуыддагмæ бæллыди, Йе ’взонг уд нал зыдта ’нцойад. Хъазтмæ хуындзау чызг фæзынди, Кæд, мыййаг уый у йæ мойаг?... Рахиз-ма, чызгай, мæ размæ, Демæ уæздан кафт ыскæнон. Ех, дæу куы уынин мæ фарсмæ Ног чындзы уаты æрвылбон! 136
Банкъардта чызгæн йæ зæрдæ Уарзты кæлæнтæ фыццаг хатт, Баисты уайтагъд хæлæрттæ, Узæлдæн гъеныр ис фадат... Уарзæтты адджын хъæбыстæм Мæйы цæст арвæй ныдздзагъыр, Æмæ сæ мондаг хъæстытæм Стъалытæ райдыдтой кафын. Табу, дунескæнæг Хуыцау!... Урс бæлон къæсæрæй бахызт, Разкъæртт зæрин тынты быдау, М’амонд ыссарын мын бантыст. БАЗОН-БАЗОН, ЦИУ?.. Узæлы хур хохрæгътыл, Уарзæттыл та — мæй. Нæй рæсугъддæр а зæххыл, Ме стъалы, дæуæй! Сæр хъуыдытæй байдзаг и, Артау судзы риу; Ме ’взонг уд дæр батади, Базон-базон, циу? Разы дзуапмæ дæм кæсын, О мæ цæстырухс! Бантысид нын цард хæссын Фарнимæ æнус. Бау, цæй, мæ удæмбал, О мæ зæдыхай! Байгом кæ дæ уарзты дуар, Ма фæу тæргай! Мемæ дæ мæ фыны дæр, О мæ урс бæлон! 137
Стæхæм, цыма, хинымæр, Базыртыл бæрзонд... Хонын амондджын мæхи, Ссардтон гъеныр къай, Бахызт къонамæ æхсин, Саурæсугъд чызгай. МÆ УАРЗОН ГОРÆТ Куы скæсы хурзæрин фæсхохæй, — Тæмæнтæ скалы Алагир, Хæссы йæм фарн Æрыдон комæй, Нæрсы йæ дыргъ, йæ хорæфсир. Базард: Уæллаг Ир, ды нæ цин, нæ ныфс дæ, Нæ сæр бæрзонд хæссæм дæуæй! Æххæст уæнт амондæй дæ фырттæ, Сæ зард куыд азæла фæрнæй! Хъуысы фæндыры цагъд дæ кæмтты, Дæ галуан равдысттæй нæу цух, Сагсуртæ базырджын нымæтты Æркафынц къах-къухтыл æдзух. Базард: Нæ доныхъазæнгæс чызджытæ Æрсимынц, ленкгæнгæ, уæздан, Цыма сын уылæнты фынчытæ Дæттынц сæ денджызон салам. Базард: Сты музейы нæ кадджын лæгтæ, Фыдæлты намыс æмæ кад; Дæ алыварс нæ кувæндæттæ, Сæ фынгтыл-кувинаг бæркад. 138
Базард: Рæзынц уæладзгуытæ ’мæ уынгтæ, Зæрдæрухс аргъуанимæ парк... Æрттивынц фонтаны фæрдгуытæ, Æхсиды ногдзинæдтæй цард. Базард: СУСÆГ УАРЗОНДЗИНАД Лæппу: Гъей джиди, чызгай, ды кæй уыдзынæ, Кæй райдзаст уаты ысфидаудзынæ, Дæ сыгъдæг уарзтæй кæй рæвдаудзынæ, Кæй рæвдаудзынæ, гъей?! Чызг: Дæ катай, лæппу, бæргæ æмбарын... Фæлæ цы кæнон? Æз дæр дæ уарзын Æмæ йæ ’мбæхсын куы нал фæразын, Куы нал фæразын, гъей! Лæппу’. Æртахтæ, чызгай, цыма уæларвæй, Ныррухс и бæстæ дæ цæстæнгасæй; Хайджын куы бауин дæ уды фарнæй, Дæ уды фарнæй, гъей! Чызг: Кæрæдзи ’мбарынц нæ зынгзæрдæтæ, Цæй, раргом кæнæм нæ сусæг фæндтæ, Æрбарвит-ма нæм дæ минæвæрттæ, Дæ минæвæрттæ, гъей! Лæппу: Разыйы дзуапмæ æнхъæлмæ кастæн, Хъуыддаг кæнынмæ ысразæнгард дæн, Уадз цин ныл кæной нæ уарзон адæм, Нæ уарзон адæм, гъей! Иумæ: Табу Хуыцауæн, нæ бæллиц сæххæст, Нæ буц хистæрты цæстуарзон фæдзæхст... Нæртон чындзæхсæв нæ астæу сырæзт, Нæ астæу сырæзт, гъей! 139
БАЗЫРДЖЫН СÆ СТÆМ А зæххыл диссагдæр ницы ис цардæй, Дунемæ рантысæм мад-фыды фарнæй. Вæййæм сын хуртæ, адджын хъæбултæ Цæрæнбонты дæр, гъей. Сæ сагъæс, сæ катай ысвæййы махыл, Æдзух нæ фæдзæхсынц Ыстыр Хуыцауыл, Куы вæййæм балцы кæнæ та хъазты, — Сæ зæрдæ ’хсайы, гъей. Кæнынц нæ æнувыд ирондзинадыл, Нæ фыдæлты ’гъдæутты бæрзондцзинадыл: Хистæрты уарзын ’мæ сæ рæвдауын Фæлмæн ныхасæй, гъей. Æхцонад сын хæссы чындзæхсæвы бон, Фæнды сæ, куыд рæзæм, куыд уæм цæрынхъом; Куы свæййæм къайджын, амондæй хайджын, Уæд цин фæкæнынц, гъей. Бынтон адджын сын у хъæбулы хъæбул — Зæрдæрухсы мæсыг, дывæр зæринхур; Бон сæм арм дарынц, æхсæв сын уарзынц Аргъæуттæ дзурын, гъей. Базырдджын вæййæм мах нæ ныййарджытæй, Амонды фæндагыл нæ аразджытæй. Цæрæм сæ фæрцы сыгъзæрин æрдзы, Ныллæг сын кувæм, гъей. ХОРЗ АМОНД Царддæттæг уалдзæг ралаууыд, Æмæ та æрдз дæр райхъал и. Мæргъты зард кæмтты айзæлыд, Цъæх быдыр цинтæй байдзаг и. 140
Нæ ирон хорз æгъдæуттимæ Рæсугъддæр нæй чындзæхсæвæй, Фæндыры кæлæн зæлтимæ Къах-къухтыл кафт къæрцæмдзæгъдæй. Усгурмæ амонд разылди — Саудзыкку чызджы бауарзта. Йæ бæллиц къухы бафтыди, Нæртон чындзæхсæв сарæзта. Хуыны чъиритæ, галы сгуы Хъæубæсты бадтмæ бахæссут! Хистæры зæрдиаг ракуывдæй Кувæггаг кумтæм авæрут! Æфсинтæм чындзы бахонут Фæндырдзагъд æмæ заргæйæ, Мады-Майрæммæ бакувут, Чындзмæ сывæллон раттгæйæ. Зæдæнгæс бæлон, хызы бын, Йæ цæрæн уатмæ бакуывта, Къонамæ бакаст хуры тын, Фарны тыллæг дзы байтыдта. МАМЫСОН Къахдзоныгъты спортрæзтæн — Нæй хуыздæр дæуæй, Мамысон, дæ митрæгътыл Æхсæв хъазы мæй. Абухгæ — дæ карз суæрттæ, Рог хæххон уæлдæф, Цъитидон, уæлхох фæзтæ, Дидинты хæрздæф. 141
Базард: Мамысон, Мамысон, — Туалгомы хъæстæ, Де стыр мад Уæлладжыргом — Аргъæутты бæстæ. Дуагæй уæ, æрвон зæдæй, С ’алкæмæн — куывддон, Хистæртæ нæртон кæхцæй Бакувынц бæстон. Рагфыдæлты мæсгуытæ 'Нæнкъуысгæ лæууынц, Бæрзондæй, сæ дуг мысгæ, Фидæнмæ кæсынц. Базард: Фадæттæ дзы ерыстæн, Дардæргъæвд зымæг; Ам рæхджы мах фендзыстæм Комплексон хуызæг. Фарн хæхбæстæм раздæхдзæн, Сæндидздзæни цард; Мамысонæй азæлдзæн Ногдзинады зард. Базард: МЫДЫКЪУС* Малусæг — райдзаст дидинæг — Иæ цинæй мит дæр атайы. Уалдзæджы ногдзау фидиуæг — Уарзæтты удтæ агайы. * Зарæг зарæн ис куыд базардимæ, афтæ æнæ уый дæр. 142
Афоныл й’амонд чи ссара, Уый цардæй исты фендзæни; Уарзты кæлæнтæ чи ’нкъара, Уæлтæмæнады фестдзæни. Базард: Сагсур лæппутæ, базмæлут!.. Сыгъзæрин æрдз та райхъал и; Уæ минæвæрттæ барвитут, Чызгай фырмæтæй батади. Усгурыл хуыссæг нал хæцы, Æхсæв хъуыдытæ кæнгæйæ, Чындзæхсæвбонмæ нал хъæцы, Уарзоны уындмæ бæлгæйæ. Хъуыддагыл фæстиат нал кæнынц Æмдзуарджынæй уа, хионæй, Бæстырæсугъды ’рбахæссынц Гæрæхтæгæнгæ, ливорæй. Базард: Къонамæ бакаст хуры тын — Сылыстæг фарн — зæринхуызæй. Æфсинтæн ног чындз хызы бын Цæрвджын мыд уары уидыгæй. Кæстæртæ, гъеныр, сарæхсут!.. Чи у сæрæн, — нæу хъауджыдæр: Чындзы мыдыкъус раскъæфут, Зæххыл нæй уымæй адджындæр. Базард:
УАРЗÆТТЫ ЗАРÆГ Вальсы мелоди Уарзын дæ, саурæсугъд, бирæ! Хурау — дæ рухс цæстæнгас... Цæй-ма, кæд фембæлæм иумæ? Фехъусон дзуаппы ныхас. Дидинты астæу мæ фыны фæагурын хинымæр дæу. 'Рвонгæй дæр демæ мæ хъуыды, ех, ныр дæ фарсмæ æрлæуу! Базард: Уарзтæй зæххыл нæй тыхджындæр, Уарзтæн нæу хох дæр цæлхдур, Уарзт кæны дуне фæрнджындæр, Уарзт дæтты цардæн бындур. Рог дымгæ ратындзы комæй, бахойы рудзынг фæлмæн, Хуыссæны фестъæлфын сонтæй, уарзондзинад у кæлæн. Гъей джиди, искуы дæуимæ де’ргом ныхæстæ фæкæн! — Бакæсид хуры тын риумæ, радтин мæ зардæ дæуæн. Базард: Хъæугæрон, хизæнуат фæзы стынг и цъысцъысæгты зард. Уалдзыгон мæйрухс æхсæвы райхъал æвзонг удты уарзт. Стъалытæ арвæй æрттивынц, узæлы уарзæттыл мæй. Зæдтæ сын арфæтæ ’рвитынц: «Бинонджын баут фæрнæй!» Базард: 144
Уарзын дæ, саурæсугъд, бирæ! Хурау — дæ рухс цæстæнгас... Цæй-ма, кæд фембæлæм иумæ? Фехъусон дзуаппы ныхас. Дидинты астæу мæ фыны фæагурын хинымæр дæу. 'Рвонгæй дæр демæ мæ хъуыды, ех, ныр дæ фарсмæ æрлæуу! АЛАГИРЫ ЗАРÆГ Куыд адджын дæ, нæ иубæстон! Куыд рæсугъд дæ, нæ Ир! Зынаргъ мын дæ, цы йæ ’мбæхсон, Нæ цытджын Алагир! Уæлладжыргом, нæртон гуырдтæй Ды рагæй дæ хъæздыг, Сæ кадджын ном, сæ намысæй Дын самадтой мæсыг. Базард: О Уæлладжыр — Алагир, Рæз, æхсид нæргæ! Ды — нæ кадæг, ды — нæ цин Комбæсты зæрдæ! Ды басгуыхтæ Ирыстонæн Фысджыты рухс куырдадз; Хъуыстгонд — сæ цыт дæ хæстонтæн, Хъæбатыртæ дзы — цас!.. Зæрин хур хæхты фарнимæ Куы снывæстой «Хæзна», — Сæ фæндон иу уыд Наримæ: Цæмæй нын уа Къоста. Базард’. 145
Фыдæлты рухс кувæндæттæн Нæ бамынæг сæ фарн; Нæ ныфс — нæ сомбон фæлтæртæн Хæссынц æгъдау, æфсарм. Дæ бæрны — комы фæндæгтæ, Ныхасы Уастырджи! Дæ бынты цæуæг бæлццæттæ Фæдзæхсынц дыл сæхи! Базард: Тызмæг Æрыдон — хивæнд дон, Къæйдуртæ ссæн — йæ ных; Æрсаста йæ лæджы фæндон, — Ныр ГЭС-ы ’рцард йæ тых. Цымыдисаг — дæ комбæсты Рæсугъд æрдзон фæлыст. Хъуысы сыр-сырæй карз суæртты, Æлутонау, æнхъызт. Базард: Æвæджиау санаторитæ, — Хуыздæр æвдадзæн нæй; Ам уæлдæф цъитидонимæ Æххуыс кæнынц фæрнæй. Ныррухс Уæлладжыр паркимæ, Зынгæ-уынгæ йæ рæзт; Тæмæнкалгæ фонтантимæ Рæвдауынц, хурау, цæст. Базард: МÆ УРС БÆЛОН Усгур хъуыддагмæ бæллыди, Ие ’взонг уд нал зоны ’нцойад. Хъастмæ хуындзау чызг фæзынди, Кæд, мыййаг, уый у йæ мойаг?.. 146
— Рахиз-ма, чызгай, мæ размæ, Демæ уæздан кафт ыскæнон. Ех, дæу куы уынин мæ фарсмæ Ног чындзы уаты æрвылбон! Банкъардта чызгæн йæ зæрдæ Уарзты кæлæнтæ фыццаг хатт, Баисты уайтагъд хæлæрттæ, Узæлдæн гъеныр ис фадат... Уарзæтты адджын хъæбыстæм Мæйы цæст арвæй ныдздзагъыр, Æмæ сæ мондаг хъæзтытæм Стъалытæ райдыдтой кафын. Табу, дунескæнæг Хуыцау!.. Урс бæлон къæсæрæй бахызт, Разкъæртт — зæрин тынты быдау, М’амонд ыссарын мын бантыст! НОГ ЦАРДÆН ФÆРÆЗ Нывæнды хур йæ тынты хъармæй Уæлхохы дидинджыты фæз, Кæлæнгонд уарзонады фарнæй Æхсиды ног цардæн фæрæз. Арт уадзынц уарзæгой зæрдæтæ, Æхсæв сыл нал хæцы хуыссæг, Æнæмбал урсбазыр бæлæттæ — Сæ баиудзинадмæ тырнæг. Бæстырæсугъд, кæм дæ, цы ран дæ? Мæ сидтмæ ридæгæн фæзын! Цæттæ дæн æз æнувыд цардмæ, Дæ уындмæ бон-æхсæв бæллын. Уæларвмæ кувæджы куывд хъуысы, Зæрдæйæ удæмбал нæу рох, 147
Æхсидгæ уарзтæн бирæ ’нтысы, Нæ йæ уромы айнæг хох. Табу, кæй сæмбæлдтæн чызгайыл, Кæимæ хъазты уыд мæ кафт. Æз банымадтон уый мæ къайыл, Йæ разы бахордтон æз ард. Ысбаста мах нæ хъысмæт иумæ, Чындзæхсæв сарæзтам нæртон, Фæкуывтой хистæртæ нын бирæ, Цæрдзыстæм фарнимæ æнгом. УАРЗОНДЗИНАДЫ СУАДОН Уалдзæг — зæрдæрухсы дидинтæ тауæг, Фесты налхъуыт-налмас æрдз. Фемæхсы цъиуты зæлдагхъæлæс зарæг, Райхъуысы ’хсæрдзæнты къæрцц. Дунейы фидауц — зæрин хурæй рухсдæр — Ме ’взæрст, мæ уарзон чызгай! Балæвар кæнин дæуæн æз мæ уд дæр, 'Рмæстдæр куы фæуис мæ хай! Гъей-джиди, искуы кæсынæй дæм бафсæд, Адау дæ дзыккуты фаст!.. Фесæфт мæ хуыссæг, мæ рæзгæ уд батад, — Ратт мын дæ зæрдæйы уарзт! Мæйрухс æхсæвы фæрдыгпæлæз арвæй Стъалытæ ’ртивынц кæмдæр... Мæй нæ рæвдауы йæ худгæбыл кастæй, Ссыгъта нæ монцты цæхæр. Зæрдæ рæмудзы фырцинæй мæ риуы, — Уаты зæдыхай фæзынд... Фарнхæссæг разгæмтты ног чындз æртгивы, — Кувæджы куывд мыл æрцыд! 148
Саурæсугъд, рагæй цы бонмæ бæллыдтæн, Уый нын æрхаста ныр май, Афтæ ма ссары æвзонг бæлæтты ’хсæн Иунæг нæл бæлон йæ къай. НÆ МАДÆЛОН ХЪÆЛÆС Цæгат Ирыстоны радиойы 80 азы юбилеймæ Зæрдæрайы уылæн Ирыстонæн райгуырд... «Аланийы радио», байрæз фæрнæй! Нæ дзыллæ дæуæй у æвæджиауы райгонд, Иронæн æхцондæр дæ хъæлæсæй нæй. Ды дзурыс нæ мадæлон аив æвзагыл, Чи калы тæмæнтæ, цыма у зæрин, Дæ зарджыты зарыс нæ ирондзинадыл, Нæ дзыллæйыл тауыс ды фарн æмæ цин. Куы айзæлынц райсомæй фæндыры зæлтæ, Лæджы уæд æрфæнды бæрзæндты тæхын. Ныррухс вæййы цинæй æрхæндæджы зæрдæ, Æрцæуы уæлвонгæй дæ зардмæ цæрын. Сæууон хурау тавыс мах алкæд дæ хъармæй, Фæсурыс нæ зæрдæйы сагъæстæ, мæт. Фæкæсы нæм афтæ, цыма нæм уæларвæй Æрттивы дæ хуызы ыстъалыйы цæст. Куы хъуыса дæ хъæлæс—нæ фесæфдзæн не ’взаг, Æдзух нын дæтдзæни дæ зынгзæрдæ ныфс, Нæ уæнддзæн фыдракæнд Ирыстонæн йе знаг, Æхсиддзæн ирон зæхх, нæ баййафдзæн тыхст. Аланты номхæссæг, нæ фыдæлты фæдон, Нæ фæндиаг бонгай æнæцудгæ рæз! Дæ бæрнон хæзна уаргъ — нæ адæмы фæндон — Мыггагмæ ды кад æмæ радимæ хæсс! 149
УАЦИЛЛА Хорæй зынаргъдæр нæй а зæххыл, Хор у æппæтæн дæр сæр, Тауы йæ фæрныгад бæстæтыл, У йын ныййарæг та мæр. Базард: Цардыхос хордæттæг Уацилла, Уæд нын цæстуарзон дæ рард! Уадз фæллой зæххимæ бахсида, Адæмæн зæххæй — сæ цард! Рог дымгæ хуымты ныффæйлауы, Райы сæ бакастæй цæст. Къæвда йæ сонт уардæй фенцайы, Рæстæджы фарнæй — æххæст. Базард: Хорз тауæй пух æфсир равзæры, Къутутæ ног хорæй — дзаг, Æфсин дзы чъиритæ ракæны — Арфæйаг куывды бæркад. Базард: НÆ УАРЗОН ХЪÆУ ЦРАУ Фæрнæйдзаг у, дыууæ Иры хъæубæстæ, Дæуæй зынаргъдæр махæн нæй, Црау! Фæлгæсынц комæй урссæр цъити-хæхтæ, Кæм æхсысти нæ рагфыдæлты ’гъдау. Базард: Æрттив, Црау, куывддон хъæубæстæ! Æнхъæвзæд дзаг къæбицты сой! Нæртон — дæ дыргьдæттæ, хуымгæндгæ, Дæ адæм, чи кæны фæллой. 150
Ыстыр Хуыцау, дæ хорзæхтæй хай бакæн! Уæларвæй зæхмæ райдзаст уæд дæ каст! Æвзæрст галтæ нывонд кæнæм дæ кадæн, Нæ кувинаг, нæ мысайнаг дын — барст. Базард: Куырыхон лæгтæ бирæ ис нæ хъæуы, Дæттынц æнæвгьау кæстæртæн сæ зонд, Цæмæй лæууа ирондзинад сæ зæрдыл, Цæмæй хæссой фыдæлты кад бæрзонд. Базард: Хæсты цæхæр бæстыл куы анхъæвзт дардмæ, Дæ хъæбултæ лæвæрдтой уæд сæ цард... Фыдбалцæй чи нал сыздæхтис хæдзармæ, Ыссис æнусон уыдонæн сæ кад. Базард: Цæрут, кæстæртæ, хистæрты фæндиаг! Уæ миддунейы уæнт æгъдау, æфсарм! Цæмæй нæ цард уа а зæххыл бæллиццаг, Нæ къонаты куыд сæндидза сæ фарн. Базард: СЫЛГОЙМАДЖЫ ФАРН Раст цыкурайы фæрдыгау Дæ æрвон рæсугьд — кæлæн... Калыс, дидинджыты быдау, Æрдзы хъæбысы тæмæн. Базард: Æнæ дæу дун-дуне цы уаид? Æнæ дæу чи банкъарид уарзт? Æнæ дæу хуры тын кæй тавид?.. Æнæ дæу ахуыссид нæ цард. 151
Ды кæмæн йæ мад, йæ хо дæ, Дæ кæмæндæр та — йæ къай; Демæ — райдзастдæр нæ бонтæ, Ды — нæ зæххон зæды хай. Базард: Мады-Майрæмæй дын — баргонд Тауын ног мыггаг зæххыл. Уалдзæгау, хæссыс нын амонд Ирд ыстъалыты фæдтыл. Базард: Нæу дæлдæр лæгæй дæ намыс: Алы куысты дæр — бæрнон, Уды хъармæй къона ’ндавыс, Нæй дæ хорзæхтæн кæрон. Базард: ДÆ ФАРН НÆ КЪОНАТЫ ЦÆРÆД Сылгоймаг — царды гуырæн суадон, Æнæ уый нал кæсид ныл хур... Хуыцауæй стыр хæс ын ис баргонд — Цæмæй йæ фарн дæтта бындур. Зæрин уаргъ у хæссинаг мадæн, Цæмæй зæххыл æхсида цард, Æмæ фæлтæрты фæрныгадæн Нывæнда амондмæ фæндаг. Куы фены мады цæст хъæбултæ, Иæ цинæн нал вæййы кæрон... Вæййынц ын стъалытæ ’мæ хуртæ, Зæрдæйæн ныфс æмæ æхцон. Рæвдауæн зарджытæ сын зары, Сындæггай авдæны уæлхъус; Йæ уды хъарм тынтæй сæ тавы, Дæтты сын, ирд цырагъау, рухс. 152
Фæнды йæ, ку’айрæзиккой тагъддæр, Къæхтыл куы слæууиккой дзæбæх, Куыд сæ уа райзæрдæ сæ мад дæр, Куыд уа сæ цардвæндаг уæрæх. Нæй никæимæ сбарæн мады, Иæ уд, пырд къуымбилау, фæлмæн. Уым арф йæ рæзгæ хъæбул бады, Уыны дзы стъалыйы тæмæн. Сылгоймаг — ахуыргæнæг, дохтыр, Æхсæнадон куысты — бæрнон, Зæхкусæг, арвмæтæхæг, шофыр, Фыссæг, тæрхонгæнæг, хæстон. Сылгоймаг — хо, хъæбул, ныййарæг, Дæ фарн нæ къонаты цæрæд! Æнусты ’ппæты хуыздæр зарæг Дæ кадæн а зæххыл нæрæд! ÆВИДАУЦ СЫЛГОЙМАГ НÆ ВÆЙЙЫ Æвидауц сылгоймаг нæ вæййы, Куыд нæ ис ыстъалытæй тар. Йæ рухс цæсгом разыны мæйы, Зæрин хурау — зæрдæйы хъарм. Сылгоймаг у зæххæн йæ тæмæн, Сылгоймаг у цардæн йæ уд, Сылгоймаг йæ фидыц у æрдзæн, Сылгоймаг у дидинты фурд. Хъæлдзæг вæййынц чызджытæ фæзы, Уæнгрæуæгæй стынг кæнынц хъазт, Бæрз талатау аивæй рæзынц, Рæудымгæйæ — дзыккутæ фаст. 153
Сывæллонæн мадæй нæй хъауджы, Уа саулагъз, фæлурс, йе — мыдхуыз. Уый никæуыл баивдзæн мады, Æвдадз ын — йæ адджын хъæбыс. Ныййарæг йæ хъæбулты уарзы, Чи ахуыргонд, чи та — хуыгæс. Сæ дадзинты ’мхуызон туг хъазы, Фæкæсынц æм стъалыты ’нгæс. Фæлмæн къæвда хуры ныннайы, Æрбалвасы арв дæр йæ рон. Ныййарæгæй зæрдæ куыд райы! Ныййарæг — зæххон зæд — æргом. ÆНУВЫД ФЫДÆН Сабитæн куы уа сæ фыд сæ уæлхъус, — Йæ уаз узæлдæй вæййынц уæлдай буц... Сæ рæзгæ удтыл базыртæ ’рзайы, — Йæ ныфсæвæрдæй зæрдæ фæрайы. Не скæнæг Хуыцау — рæстæг æвдисæн: Бинонты ’нгом цард — æвдадз сæ рисæн... Зæрин хуры тын фæйлауы не ’хсæн, Фыды рæвдыдæй хайджын мах фестæм. Нæ цæугæ мæсыг, нæ зæрдæдарæн, — Намысы зарæг дæуыл мах зарæм. Нæ кадджын хистæр, къонайы фарн дæ, Тырныс нæ фидæн, нæ рæсугъд цардмæ. Дæуæй мах райстам фыдæлты ’гъдæуттæ, Дæуæй мах зонæм дывæр лæггæдтæ. Тæхуды æмæ дæ хæрзтæ бафид, Зæрдæ фырцинæй уæрыккау кафид. Зæрдæрай бæллиц — сæры нысангонд: Куы ссарид н’алчи рæхсджы йæ амонд, — 154
Æхсызгон арфæ дæуыл æрцæуид, Æгæрон цинад дæ уды ’рцæрид. Бындары фендæй гъеныр баба дæ, Дæ хъæбысмæ йын фæкæныс батæ. Цы ма ис уымæй зæххыл æхцондæр?! Царды бындурæй цы ис бæрзонддæр?! Нæ зондамонæг, бирæ нын цæрай, Дæ чысыл хуртæм фæрнæй фæкæсай! Куыд уынай царды адæмы хорзæх, Куыд уа дæ фæндиаг нæртон ирон зæхх! О, КУЫД ХОРЗ У УАРЗТ! — О сæрæн лæппу, кæм дæ, фæзын! ’Нкъард мын у æнæ дæуæй цæрын; Ды — мæнæн мæ ныфс æмæ мæ цин, Райгæ дæм кæсин æмæ кæсин. 'Рæгмæ дæ куы нал фæуыны цæст, Райхъуысы мæ зæрдæйы дзæхст-дзæхст. Хъуыдытæй æппын нæ комыс цух, Фыны демæ фембæлын æдзух. — Ард дын хæрын а дунейы раз, Уарзын дæ, чызгай, мæ уды йас. Ды мæнæн дæ ме стъалы, мæ хур, Никуы ис æцæг уарзтæн цæлхдур... Минæвæрттæ барвитин, бæргæ, Дæн, бæгуы, чындзæхсæвмæ цæттæ; Уадз нæ удтæ баиу уой æнгом, Равдисæм æхсидгæ уарзт æргом. О, куыд хорз у рагуалдзæджы уарзт! 'Взонг удты цæхæр цæстыты каст. Дуне фестад дидинæгджын фæз, Райхъуыст кæртæй фæндыры хъæлæс... Сæрттывта йæ цæрæнуаты чындз, Ног бинонтæ цардыл цин кæнынц... Æхсæвы сæм мидбыл худы мæй, Узæлынц кæрæдзиуыл фæрнæй. 155
РÆСУГЪДДÆР НÆЙ ЧЫНДЗÆХСÆВÆЙ Нæ Иры хорз æгъдæуттимæ Рæсугъддæр нæй чындзæхсæвæй. Усгур лæппуйы фæндтимæ — Хуыссæг фæлыгъд фыдæхсæвтæй. Сагсур лæппутæ, базмæлут!.. Сызгъæрин æрдз та райхъал и, Къæйттæ уæхицæн равзарут, — Риу уарзты монцтæй байдзаг и. Афоныл й ’амонд чи ссара, Уый цардæй исты фендзæни; Лæппутæй хуыздæр чи скафа, Саурæсугъд уый раз фестдзæни. Сагсур лæппутæ, базмæлут!.. Фарны гæрæхтæ ’рбайхъуысынц; Бæрзонд хъæлæсæй базарут, — Чындзы нæргæ æрбахæссынц. Æртæ чъирийы, физонæг Хъæубæсты бадтмæ бахæссут; Кæхцæй ыскува хистæр лæг... Хæдзармæ чындзы бакæнут. Сагсур лæппутæ, базмæлут!.. Усгурмæ амонд разылдис, Æфсинæн арфæ ракæнут, — Бинонтыл ног уд бафтыдис. Æрттивы ног чындз хызы бын, Мыдыкъус уары уидыгæй: Къонамæ бакаст хуры тын, Мауал ын тæрсут лидзынæй. Сагсур лæппутæ, базмæлут!.. Чи у сæрæн, нæу хъауджыдæр; Чындзы мыдыкъус раскъæфут, — Зæххыл нæй уымæй адджындæр! 156
ЗÆХХÆНКЪУЫСТ Беслæны 1-æм скьолайы зыпгхуыст сывæллæтты пом дзы арьш Æвирхъау бæллæх æрцыд нæ Ирыл: Залиаг сау калм æртыхсти риуыл. Скъоладзаутæн, бæрæгбон æнхъæл, Фыццаг ахуырбон сæ цин фæдзæгъæл. Фыдбоны террор, мæлæттауджытæ... Уæ зынг бахуысса, рæстуд марджытæ! Уæ къух куыд систат æвзонг хъæбултæм?! Мæлæт куыд хастат сæ рæзгæ удтæм?!.. Фæзынд хъаймæтау фыдгæнджыты къорд, Калмы сау маргау — сæ зæрдæйы конд. Цы у амынæт, нæма йæ ’мбарынц, Ахуыргæнджытæн сæ ристæ хъарынц. Катайаг фесты гæрзифтонг залы, Сæ рухс бæллиц сæ ныр нал æндавы. Æртæ суткæйы — нæ дон, нæ хойраг... Сæ тæригъæдæй фæуат фæсмойнаг! Ысарæх ысты гæрах, гуыппытæ, Æртхъирæн ныхас, æлгъыст, тъæппытæ. Дзолгъо-молгъойы чи лидзы, хауы, Кæй та комкоммæ фыдызнаг мары. Тындзынц æххуысмæ кæм мад, кæм хион, Скъола судзы, ыскалд йæ пиллон. Ыскъæфынц цæфты тагъд рынчындонмæ, Кæуыл хур нал каст æртыккаг бонмæ. Нынкъуыст æппæт зæхх, нызмæлыд арв дæр, Ысиу сæ дзыназт, хъарæгæй карздæр. Сæ судзгæ мастæй царæфтыд фестæм, — Хуры тын бакаст — зæрдæмæ фестæм. Æгъатыр ызнаг, бын бауай, уастæн!.. Нæй ферохгæнæн хъæбулы мастæн! Кæрон æрцæудзæн æвирхъау митæн, Авддæлдзæх зындон уыдзæн дæ ингæн! 157
Тæлмацтæ Къостайæ МÆ ЦАРД ÆРХÆЦЦÆ И КÆРОНМÆ Мæгуыр цард, хъизæмарæй нал у ’ппын мæ бон... Мæ хъару скуынæг тох, фыдбон æмæ мæгуырæй. Ды — æрыгон, дидинджытæ тонын дын — æхцон... Мæ къæхтæ нал цæуынц, хилын ма тыхцыдæй. Цæмæн сæмбæлдыстæм, цæмæн дæ æз уæлвæдæй Бауарзтон, куыд уарзон хо, кæнæ та ’мбалы? Мæ нуазæн банызтон, дæуæн та баззади æрдæгæй, — Æвнæлд æм нæй дæ хъæлдзæг цардвæндагыл... Нæу иу нæ фæндаг, фæлæ ма сæмбæлгæйæ иумæ, Æфтаудзынæн æз дзуар мæ уаргъыл лæдзæгимæ. Мæ зæронд къухтæ февналдзысты цæгъдæн хъистæм, — Дæтдзæн æнусон цард мæлæтдзæгтæн хæрзтимæ. ЦЫРТЫ УÆЛХЪУС Схъæлдзæг у дугæй, райгуырæн бæстæ! Ферох кæ де ’нусон хъизæмар цард. Сæххæстуæнт зæрдæйы арфæйаг фæндтæ, Чи дын æрхæсдзæн сæрибардзинад. Зон æй, æрцæудзæни уыцы рæсугъд бон, — 'Рттивы нæм йе ’нусон судзгæ цырагъ. Уый у нæ цæдисон, не ’мдзу фæндаггон, Хоны йæ хъомысæй рухс цардмæ мах. 158
Аивад, рухсады кадджын бæрзæндтæм Схизæн ис уый руаджы, зæрдæ — ныфсджын. Уый кæны разæнгард тохы æзнæгтæм, Уый фæрцы стыр хъуыддаг — алкæд фæрнджын. Демæ цæрдзысты йæ сурæты хуызтæ, Никæд уыдзæни дæ зæрдæйæ цух. Кæмтты зæлдзысты зæрдæрухсы мыртæ, Лирæйы арф хъæлæс хъуысдзæн æдзух. Равдис æм ахæм зæрдæхæлар ахаст, — Хæхтæм поэтмæ цы уарзонад уыд. 'Рымыс йæ, арфæйау, удисæн ракаст, Фыддуджы азарæй йе сæфт æрцыд. НÆ ФЕМБÆЛД УЫД ДЗÆГЪÆЛЫ Нæ иумæ фембæлд уыд дзæгъæлы махæн, Æвзонг чызгай, нæ фæндаг иумæ нæу; Нæ ратдзæн цин нæ баиудзинад цардæн, Мæ тыхст зæрдæйæ ’нкъардзынæ быцæу. Зæрдæрухс мыртæй райхъал вæййы уалдзæг, Хъæуынц æй хур, æхцондзинад^æппæт Æрвон тыгъдад, сырх уардитæ. Йæ хатдзæг: Уа царды хъæлдзæг, ма зона, циу мæт. Йæ нысаниуæг фæззæгæн æндæр у: Дидинджытæ нæ, райсдзæн уый сындзæг, Фæллойад, тох, æхсар, — зынтæн быхсон у, — Фыдæбонджынæй раст цардмæ тындзæг. Нæй се ’хсæн фарн кæрæдзимæ æввахсæн, Нæу сын лæвæрд сæ хъысмæтæй ысиу... Нæ иумæ фембæлд уыд дзæгъæлы махæн, — Хъыгагæн, никуы уыд нæ фæндаг иу... 159
МА ’УУÆНД Ды ма ’ууæнд, зæгъгæ, ферох кодтон хæхтæ, Бæзджын æнæмигъ арвы ’нæкæрон тыгъдад, Дæ хъуыдыхуыз æмæ бæллицагур фæлгæсттæ, Нæ мæгуыр адæм æмæ ’нкъард цæрæн хъæууат. Нæ, мæ лымæн, никæд! Æз цас зындæртæ ’взарон, Цас дарддæр уон сымахæй, тызмæгзæрдæ уа знаг, Гъе уыйас ’хсызгондæр уыдзæн нæ фембæлд карз бон Мæ зынаргъ хæхбæстимæ, чи мын у мæтаг... Мæныл ды ма тыхс! Æз маст исын нæ зонын, Фæлæ фыдæн ныхкъуырдмæ æз вæййын цæттæ... Ма тæрс! Ам дæр æз мæхи сылсайд нæ хонын... Сты æнæуынон, нæ сæм ис не ’гъдауæй хъæстæ. Æз уарзын дун-дуне, мæ дзыллæты зæрдиагæй, Æз уарзын ’нæбонты ’мæ сидзæрты æппæт, Фæлæ фылдæр уарзын, цы йæ ’мбæхсон æгадæй? — Сымах, фыдыуæзæг, нæ адæмы хъысмæт. Мæ хъару, ’ппæт мæхи нывонд кæнын сымахæн, Нæ бавгъау кæнин æз сымах сæрыл мæ цард... Ыстут мын афтæ стыр ахсджиаг мæ уды цардæн, Кæцыйæн нæй зæгьæн, нæ дæр дзырдтæ аккаг!.. 160
ÆХСÆВИУАТ Фæаууон хур фæсхохы, Сырх нал дары йæ тын. Æртардта фыййау фосы Лæгæтмæ, хохрæбын. Æртымбыл ысты ардæм Йæ фыййау æмбæлттæ, Хуыцауæн табу, ’нæхъæн Сæ фосы рæгъæутгæ. Æрдыгътой дуцгæхъомы, Сæ родтæн бынат — хорз. Сæ фарсмæ хъарм фысдоны — Æд уæрыччытæ фос. Фыдуаг, къæбæлдзыг сæныкк Бæрзæндтыл — гæпп, рæхуыст; Чысыл хъуымыздзых уæрыкк Æхсырдадæй ныддымст. Цæрдæг лæппу æндзары, Куы сфыцид сын хуыппаг. ...Ысхæцыд, фæздæг калы, Фæуæларт кодта аг. Арбабадтысты артмæ... Сæ хæринаг фыцы. Ысцæттæ сын фæсзардмæ Сæрæн гуырды фæрцы. Ныххус, ныддæвдæг кæрдзын, Хæлтъамæдон, æхсыр... Хуыздæр æнхъæл нæ кæсын, — Фыййауы цард — мæгуыр. ...Æфсæст — Хуыцауы руаджы, — Фынæй афон дæр у. Ыстын нæ хъæудзæн раджы... Хæрз фынты хай фæу! 6 Гаматы Иван
МЕ ’МБАЛМÆ... Уæддæр дæумæ, мæ хъуыдыты зæрдиаг, Ныххойын дуар тыхджын рынчынау æз. Нæ бауагътон мæхи уæззау низы фæндийаг, Зæрдæсастæй дæр ссардтон ын фæрæз. Куы бауадзис мæ... Раздæрау та — ’фсарм мæм нал и, — Бар ратт мæ фæллад сæр аруадзынæн дæ риуыл, Бар ратг мæ хъарм цæссыгæй рахсынæн мæ сонт ми, Æрхудын æз, мæ удмонцты бæллиц, мæхиуыл. Æнæбустæй зæрдæлхæнæн ми ’мæ уæзданæй Нæуæгæй байдзаг кæ мæ нуазæн кæхц хъылмайæ, Æмæ та ног дæ мидбыл худгæ базар мын фæндонæй Кæддæры рох зарæг æхцон хъæлæсы уагæй. Дæ зарæг дæр æмæ дæ сонт хъæлдзæг ныхас дæр Ныдзаг кæндзысты раздæр тасæй риу йæ хъуырмæ, Æмæ мæхи бæстон æрæмбаргæйæ, дарддæр Уыдзынæн рæвдз æндæр æнкъарæнтæ ’мæ тохмæ. Æмæ æнæджелбетт фæдисонты фæздæгдæф Фæсæндæрджы æваст фæтар уыдзæн цъæх мигъау. Цас мæнгдзинад! Цы диссаджы бынат — йæ мæнгдæф... Куыд æлвасы хæстæг фæлывддзинад, дыгъд мыдау. Цы быдырты, цы тæвдхур æдзæрæг тыгъдадыл Рæсугъд цард саразын мæ фæнд уыди ызнон!.. Æууæндыдгæн бæстон мæ цыбырзонд хъуыдцæпыл, Куыд уарзтон æз, куыд нал у тухитæй мæ бон. Бауадз мæ... Æрмæст дæуимæ фембæлд ратдзæн Мæнæн æвзонг бонты ныфс, тых æмæ æнцой. Æмæ зон, уыцы худинаг цыбырзонд монцтæн, Бауырнæд, тæккæ абон дæр нал уыдзæн сæ кой. 162
НОГБОН ÆХСÆВ Æмбисæхсæв ... Абухгæ нуæзтæй Цæхæр калыц нуазæнтæ ... ’гъгъæд! Уадз уылæны хъаруджын цæфæй Ныннæра фæдис хъæры цæлхъ! Фæкæсой æхсæвтæ цас даргъдæр, Цас тар — аууон... Мигътæ — æнгом, Гъе уыйас уыдзæни хур хъармдæр, — Сыгъдæгдæр ’мæ ирдцæр та — бон. Уыдысты уадз удхайраг бонтæ, — Уыдзæн нын сырх сæуæхсид ныр, Кæцы нын дæтдзæни æхцонтæ, — Ныфс уыдзæн нæ цардæн ыстыр. Дызæрдыг цард, сагъæс, ды фесæф!.. Нæуæг аз нын амонд хæссы! Бæрæгбон ... Уæхи фæндиаг — уе ’хсæв! Нæртон сидт къуырцзæлланг кæны!.. НЫЙЙАРÆГ МАД Дæу ничи мын баивид царды, Мæ зынаргъ, мæ ныййарæг мад!.. Фырт ’нæууæнкад алцæмæ дары, Йæ хъизæмар бонтæй — фæллад. Куыд æй уарзис, гас ын куы уаис, Ды бамбарис зæрдæйы хъыг; Царгæсау æм цæстæнгас дарис, Нæ зонид фыдбонтæ, цæссыг. Ныббарис ын алцы рæдыд дæр, Дæ хъæбысы банкъарид хъарм; Æййафид дæ царды рæвдыд дæр, Ды уаис йæ ныфс æмæ фарн. 163
МÆ ХÆЛАРМÆ Нæ, ницы ис а зæххыл саразæн хорзæй, Куы нæ дæм уа курдиат, куы нæ уа хъару. Дæ хъыг дæр кæуылдæр нæ уыдзæн бæстонæй, Мыййаг, кæд дæ зæрдæ æнæфхæрд ма у ... Хæрзтæ æмæ курдиат нæ домын, мæ лымæн, Хъайтарты дуг нал у, — сæ бон ма нын циу... Ды адæмы лæггæдтæн, бузныг зæгъынæн, Куы сарæхсис бафидын се ’ппæтæй-иу. Куы балхæнис истæмæй дзыллæйы зæрдæ, Зæгъынхъом куы уаис, кæй сын нæ дæ знаг, Куы нал бийис, раздæрау, ауындзæн бæндæн, Цæмæй уой уæгъдибар, — нæ уаис хъæстаг. МА МЫН ÆЛГЪИТ МÆ РЫНЧЫН МУЗÆ Мæ рынчын музæ мын ма ’фхæр! — Зонын, цинад нæ хæссы йæ фыст. Нывæнддзынæн ’ндæр зарæг дарддæр... Кæй хъæлæс, ныр цасдæр, нæ хъуыст. Ды хатгай тыхстхуыз æмæ ’нкъардæй Мæнг дам-думтæй фестыс кæмдæр, Фæллад риуыл ’руадзыс æдасæй Дæлæуæз гуыбырæй дæ сæр. Изæрхуры тынты бын, донæй Нызмæлы нæ зæронд бæлæгъ. Æз дидинтæй рохгонд дыргъдонæй Ысбийдзынæн венок дзæбæх. Æнæмæт æвзонг чызджы ныхыл Æркæндзынæн дидинты быд, Мæ зарæджы ногхъæлæс мыртыл Мæ зæрдæ дæуæн уыдзæн тыгъд!.. 164
в. г. ш. Ацы хъуынтъыз сæйраг горæт!.. Ам ирон лæгæн у зын. Рынчындон фыддæр у, зонæнт!.. Æз кæм æмпылын, хъæрзын. 'Нкъард бæрæгбонтæ æрвитынц... Лæг кæмæн ракæна хъаст; Къæлидорты ’нæбар зилынц Къордгай, чи — къуылых, чи — баст... Оф кæнынц уæззау рынчынтæ... Уартæ иу лæппу тыхсы, Цæстыл уайынц алы хуызтæ, Куы ныххуды, куы кæуы. Цъус фæсабыр... Дохтыр згъоры, Уайтагъд алæууыд йæ цур; О, ныр сæ цæсгомæй зоны, Тынг фæнды йæ, исты сдзур... Ех, фæлидз ныр ацы ранæй, — Бадом уе ’ппæтимæ цард! Фæлæ куыд, мæ низыхаттæй... Стæй къуылых лæг не ’фты дард!.. САЛАМ Фæллад... хъару цыбыр, Туджы цъыртт мæ нал и. Сæ азарæй гъеныр Уд ингæны хай баци. Хойы мæм мæ мæлæт дуар Æнæтугамæст къухæй. Афон!. Салам зæрдæхæлар... Мæ бæстæн — сыгъдæг удæй! 165
Лæууыд мæ зæрдыл арæх Фæсаууонмæ æнкъардæй, Нывæстон-иу ыл таурæгъ, Куыд æфхæрд уыд йæ цардæй. Фæстаг салам æрвитын Мæхи зынаргъ хъæуæн! — Æнкъард фыстытæй-иу дын Нæ уыд æнцон цæрæн. Нæ бæллыс ды мæ фендмæ, Рæсугъд чызгай, уæддæр Зон, амæлдзысты мемæ Мæ сонт бæллицтæ дæр! ХÆХХОН ЧЫЗДЖЫ МÆЛÆТÆН Æнæпайда куыд ыл цы кæнут!.. Уый бафыста йе ’нусон хæс. Фæллойы нæ уыди зæрдæхудт, Нæ йын уыд царынæн фæрæз. Ахæм заманы амæлын хорз у. Нæу диссаг, кæй уыдис æрыгон, Æййæфта фыдæбæттæ, зын... Уæгъд рæстæг, сæрибар, хæрзыбон Нæ федтаид царды æппын. Ахæм заманы амæлын хорз у. Æнæпайда куыд ыл цы кæнут!.. Хуыздæр рæвдыд баййафдзæн уым... Æрæнцади зæххыл йæ рæстуд, — Къуындæг чырын, ингæн — йæ къуым. Ахæм заманы амæлын хорз у. 166
САСТ ЗÆРДÆ Рыст зæрдæ нæ фембары тасад... Æнæнкъар ысвæййы йæ уд. Фæндаггон лæг — цавддурау... бастад... Мæ хæлæрттæ, иуварс цæут!.. Фæндагыл мах не стæм æмбæлттæ, — Лымæн цард... хъуыддагæн уый циу?!.. Цæнддуртыл нæй ссарæн фæрæзтæ, Кæцытæ нæ скæниккой иу. Сæрибар бæллиццы ныфсытæй Уыд къаддæр мæ сагъæс, мæ мæт; Мæ хъизæмар тох æмæ куыстæй Нæ ныууагъта карз рæстæг фæд. Фæсастуд дæн, нал райы зæрдæ... Æруазал мæ низæфхæрд риу. Хъуыддагæн бæзгæ лæг æз нал дæн, — Цæугæут! Уæ фæндон уæд иу!.. ЗАРÆГ Кæм ис нæ хъæлдзæгуарзæг майæн Йæ уалдзæг, дидинты хæрздæф?! Цы фестут, сабибонты райæн Бæллицтæ, хъал фынты æндæвд? Кæм ысты хæлæрттæ, сæ дзурын, Сæ худын, нард фынджы цур — хъæр, Сæ дзыгуыр, дзуапп кæцыйæ хъусын Мæ дзырдæн къæрцхъусæй æз дæр? Кæм ыстут, сомбоны æндæргтæ, Хæдбар фæллойады цæхæр? — Фæхастой семæ сæ фæлтæртæ, Сæ фæстæ нал баззад фæд дæр!.. 167
НÆ ДАН ÆЗ ПЕХУЫМПАР Нæ дæн æз пехуымпар... æдзæрæг ранмæ Нæ фæлидзын æз хахуырты фыдæй. Мæ кувæндон, мæ рухс сыгъдæгдзинадмæ Нæ фæхæццæ фыдзонд къорды тыхæй. Нæ агурын æз тыхджынтæй æмрыстад, Нæ дæн зæрдæдард хæлæртты ныфсæй. Нæ тæрсын æз, уон иппæрд, йе æрвыст ран, Мæлæтхæссæг рæхыстæй, тар къуымæй. Мæ зæрдæйы маст зарджыты нывæндын, Фыдмиты ныхмæ æз æргом хæцын; Гуырæй-гуырмæ тыхдзинадимæ ’мбæлын Æмæ рæстдзинад адæмæн хæссын. Æмбалад циу, кæд ’фсымæртæ сты адæм, Кæд æмæ хъусын алкæцæй салам? Цы азым ис æзнæгтæм, кæд сæ мастæн Мæ хуылфы нæй æлгъыстаджы хæрам? Сæрибар мын у ахæст ран зынаргъдæр, Цъæхснагдæр — зарæг, рæхысты зæлланг; Хъæугæ дæр дæн, цас адæмæй уон дарддæр, Æнцон мæлæт — æмыр, æдзæрæг ран. Цы давы къорд? Уадз ницæййаг цагъайраг Мæнг монцагуырдты ’ппæтмæ уа сæрæн! Мæ уарзт—сыгьдæг, æппæт дуне — мæ аргьуан, Æрвон тыгъдад — фыдыбæстæ мæнæн! ÆМБАРЫН УÆ Æмбарын уæ... æнæуæндон æфхæрдтæ, Тæргайæ расайд сабырхидард хатт, Куы арф улæфт, куы сонтрафыхты ’фсæнттæ, Цæстысыгтæй зæрдæагайды каст... 168
Цæмæ ’мбæхсæм æфхæрд риуы дзыназтæй Сæ сусæгдзинад цæстыты сыгтæн? Кæд уарзут... Уарзут кæд æнæлаз уарзтæй Зындон, дзæнæтыл узæлды сæнттæ... Фæлæ нырма тæрсут цæуын æмзондæй, Æцæг уарзтæн нæма уын ис рæстæг. Æнæуаг хъалты ’нæудхъом тæрхонæй, Æнæзонд къорды тауысы дзæнг-дзæнг... Цæмæн хъæуы æвронг æфсæрмы ссæндын? Кæмæн йæ ныхас сусæг у чызгау, Мæ тухи, хъизæмар хабæртты фæрцы Кæнут куы цин, куы та уын у хъыгау... Æрмæстдæр уæ тæрсгæ-ризгæйæ ’рфæнды Æнувыдæй фæузæлын мæныл; Æдых ыстут уæззау фыдæвзарæнты, Æнæбон — цинты, зарæггæнæгыл!.. ГАЛДЗÆБИДЫР Æвæлмон, сæрыстыр, сыкъаздыхт дзæбидыр Ыслæууыди фахсыл, мит айнæгау — их. Тæгæлхауæн хъызты, фæрдгуытау, фæихгуыр, Дзындзыты сырх тынты æрттивы, ныссих... Иæ сæрмæ бæрзонд хох, йæ налмас фæлыстæй, Паддзаххудау, калы тæмæнтæ йæ сæр. Иæ бынмæ Кавказ та фæсмигъты ныгъуылдæй... Фæмил ысты рæгътæ, хъуыст доны сæр-сæр. Фæцъæхбын уыгæрдæн... Æбæлвырд тыгъдадмæ Хъуыдыхуызæй ’взонг сæгуыт дардмæ нымдзаст... Куыдфæндыйы кастæй æрдзон арæзт цардмæ Фыццаг хатт уый бамбæрста мæт æмæ уарзт.
огФ*з*о ЧИНЫДЖЫ ИС: Разныхас 6 «Ирон намыс, ирон æхсар, ирон уаг...» 9 Хæрам — хуыснæггаджы «фæллæйттæ» - Нæ рухс стъалы 10 «Æгæр раджы бацис сидзæргæс...» 11 Æгæрон цин 12 «Æрымысæм арæх нæ завод...» 13 Цытджын инæлар 14 Сæ уынд дæр хæдзарæн йæ фарн у 15 Хæрзудæй æфхæрд хо 16 Рацарæзты фæстуиджытæ 17 Лæгсырд æмæ йæ хиуæттæ (Æмбисонд) - Нæ Ирыстоы 18 Поэт Рæмонты Георæн 19 Кадджын сылгоймаг 20 Фыдлæджы мæлæт (Æмбисонд) 21 Нæ цъититæй Цæгат полюсмæ 22 «Хуыцау нæ рафæлдыста цардæн...» 23 Æппæтирон бæрæгбон Нары 24 Куырыхон сылгоймаджы фарн 25 «Æрхаста æхсызгон цау Ног аз...» 26 Зыны йæ ирд фæд не ’хсæн 27 Фæлтæрдджын разамонæг 28 Туалгоймаг бæрнон куыстгæнæг 29 Рухс цардыл тохгæнæг 30 Æрбалæууыд уалдзæг - Цин æмæ цæссыг 31 Ирон æвзаг уды бæрц уарзын 32 Мады хæс ничи бафиддзæн 33 170
Усгурæн ныстуан 34 Авдæн 35 Фæсмон 36 Æвзонг лæппуйы фæндон - Хуынхæссæджы цæрæнбон (Æмбисонд) 37 Нæ царды айдæн 38 Лæг лæгдзинадæй фидауы 39 Ирыстоны зынгхуыст хъæбул 40 Тæрккъæвдайы расайд - «Уарзын цард æгæрон уарзтæй...» 41 Фыццæгæм сентябрь 42 «Ныфс, хъаруйæ — диссаг...» 43 Нæ хъæбатыр хæстон 44 Стæм дзыразы, бæгуыдæр 45 Кады нуазæн 46 Мады рæвдыдау - Фæдзæхст 47 Удварны патриарх 48 «Бæстон лæг бæрæг у хъуыддагæй...» 49 Рухстауæг - Мадызæрдæ 50 Æфсæддон хæс 51 Луары хъахъхæнæг мæсыг 52 Афгайнаг хæстон - Нæ удæмбал — нæ газет 53 Фарны«Ныхас» 54 Лæггаг 55 Ныййарæджы фарн 56 Хъахъхъæнынц нæ бæстæ 57 Царды нысан 58 Тæхуды - Хæзнаты хæзнадæр 59 Чи у, чи ирон?! 60 Куырыхон ахуыргæнæг 61 Арфæйаг æнтыст 62 Аланты уидаг 63 Ирыстоны номдзыд хъæбул 64 Номарæн 65 171
«Чысыл нæй...» 66 Хетæджы Уастырджи 67 Ирон дæкæд 68 Нæхурзæрдæ стъалы - Сылгоймаг у уарзт æмæ цард 69 Æрдзы нывтæ (Фантази) 70 Нæ федтам мах хæст 71 Фыссæджы мæсыг 72 Сæрибары охыл 73 Къоста æдзухдæр немæ 74 Нæ уарзон сыхбæстæ 75 Тæхудиаг 76 Мады цин 77 Фыдыбæстæ - Дæ фæззыгон най 78 Ирондзинад нæ тых у царды 79 Хетæджы кувæндоны равзæрд (Рагон таурæгъмæ гæсгæ) 80 Хъызтзымæг — тыхстзымæг 81 Сидзæры уаргъ 82 «Ирд ыстъалы сау мигътæй ныттар и...» - Уæлахизы уалдзæг 83 Фарст 84 Уыдысты цардбæллон лæппутæ 85 Цæй диссаг у цард! 86 Рухстауæг 87 «Стыр ныхас»-ы ахадындзинад 88 Æдзард хъæбул 89 Зарæджы зæрингуырд 90 Фæззыгон бæркад 91 Ног аз — Ногбон - Фынджы ’гъдау 93 Ирондзинад — не скъола - Поэтæн 94 «Бадыхъæу — алæмæты хæхбæстæ...» - Не ’гъдæутты фарн 95 Зæрдæриссæн цыртдзæвæн 96 172
«Зон, куыд тынг зынаргъ у...» 97 Ныстуан 98 Нæ фæсивæд — нæ ныфс - «Фæзынд кæддæр цæрæнуат Иры...» 99 Фыдуац 101 Зæхкусæджы фарн - Фæрнджын хъæубæстæ 102 Æрттивдзæн йе стъалы уæларвæй 103 Хъыгзæрдæйы фæдис 104 Тугуарæнхæст 105 Нæ сабыр цард хъахъхъæнджытæ 106 Фыдæлты фарн цæры - Сидзæргæс 107 Басылтæ 108 Æвæсмон хъуыддаг 109 Нæ иумæйаг бæллиц 110 Не ’взаджы фарн 111 Фæрнæйдзаг хистæр - Не ’взаг — нæ хотых 112 Чи дæ? 113 Не ’взаг — нæ хæдбындур 114 Хъуыддаджы лæг 115 Падзахадон æмвæзады 116 «Гермæн — нæ горæты хицау...» 117 Бæрнон кусæг 118 Ирондзинады сæрхъуызой 119 «Уарз дæ бæстæ, зон дæхи...» - «Фыдæлты ’взаг, ирондзинад...» 119 Советон дуджы æхсыст 120 Ды басгуыхтæ, Ростик, нæртон лæг...» 121 Зарджытæ Уарзтытæмæн 122 Уастырджийы зарæг 123 Уарзты кæлæн 124 Царды цин - Бæллиц 125 173
Уарзын хорз у 126 Ирыстон - Арктикæйы ногдзау 127 Уарзты цæхæртæ 128 Байрай, Ирыстон! 129 Уарзæтты вальс 130 Æнæмæлгæ полкъ 131 Цæст дыл æрæвæрдтон 132 Куы бауис мæ хай 133 Иу фендæй 134 Дидинджыты фæз 135 Нæ царды фидауц 136 Мæ урс бæлон - Базон-базон, циу? 137 Мæ уарзон горæт 138 Сусæг уарзондзинад 139 Базырджын сæ стæм 140 Хорз амонд - Мамысон 141 Мыдыкъус 142 Уарзæтты зарæг 144 Алагирызарæг 145 Мæ урс бæлон 146 Ног цардæн фæрæз 147 Уарзондзинады суадон 148 Нæ мадæлон хъæлæс 149 Уацилла 150 Нæ уарзон хъæу Црау - Сылгоймаджы фарн 151 Дæ фарн нæ къонаты цæрæд 152 Æвидауц сылгоймаг нæ вæййы 153 Æнувыд фыдæн 154 О, куыд хорз у уарзт! 155 Рæсугъддæр нæй чындзæхсæвæй 156 Зæххæнкъуыст 157 174
Тæлмацтæ Къостайæ Мæ цард æрхæццæ и кæронмæ 158 Цырты уæлхъус - Нæ фембæлд уыд дзæгъæлы 159 Ма ’ууæнд 160 Æхсæвиуат 161 Ме ’мбалмæ 162 Ногбон æхсæв 163 Ныййарæгмад - Мæ хæлармæ 164 Ма мын æлгъит мæ рынчын музæ - В. Г. Ш 165 Салам - Хæххон чызджы мæлæтæн 166 Саст зæрдæ 167 Зарæг - Нæ дан æз пехуымпар 168 Æмбарынуæ - Галдзæбидыр 169
Литературно-художественноеиздание ГАМАЕВ ИВАН ГАБОЕВИЧ Моя осенняя жатва Стихи на осетинском языке «Издательство «Ир» Гл. редактор Т. Т Техов Директор К. У Таутиев Редактор издания 3. У. Дзуцева Художник и художественный редактор Н. У Гаппоева Технический редактор А. В. Ядыкина Оригинал-макст 3. С. Мисикова Подписано к печати 05.10.2020. Формат бумаги 75x90 732. Бум. офс. 80 г/м2. Гарн. шрифта «Таймс». Печать офсетная. Усл.-п.л 6,87. Учетно-изд. л. 7,23. Тираж 150 экз. Изд. № 33. Заказ 843. Комитет по делам печати и массовых коммуникаций Республики Северная Осетия-Алания. ГУП «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Тел. (8672) 333-199, 333-198 е-таП: 12(1а1е11г@уап(1ех ш. Интернет-сайт: 12с1а1еПг.ш Отпечатано в АО «Осетия-Полиграфсервис», 362015, г Владикавказ, пр. Коста, 11.