Автор: Хугаев С.З.  

Теги: æвзагзонæн  

Год: 1980

Текст
                    ХУЫГАТЫ СЕРГЕЙ
ХУРВÆНДАГ
РАДЗЫРДТÆ ÆМÆ ПОВЕСТЬ
Чиныгуадзæн «Ир»
Орджоникидзе * 1980


84 Осет С(Осет) Х31 Х81 ХуЫХурвæндаг. Радзырдтæ æмæ повесть.- Орджоникидзе: Ир, 1980.-260 ф. Хугаев С. 3. Солнечпой дорогой. 70303-40 84 Осет 27—80 С(Осет) Л\131(03)—80 © Издательство «Ир», 1980
ДЫРГЪДЖЫЙНÆГТЫ ЧЫЗГ Дыргъджыпиæгтæ цардысты хъæугæроп. Суадонæй чысыл мидæгдæр цы цъæх А^усонггонд уыд, уый бæрæгастæу. Са- рæзтой дзы, дæргъæй-дæргъмæ тыргъ кæ- мæн уыд, ахæм ныллæггомау самандур хæдзар. Суадоны сæр, хæристы бынæй сæ хæдзар армытъæпæныл æвæрдау зынди. Хъæубæсты сын сæ мыггаг ничи дзырдта—иууылдæр сæ хуыдтой «дыргъ- джыйнæгтæ». — Уæртæ дыргъджыйнæгтæм къамбец уæййаг ис,. къамбец æмæ цæмæнпæ у мины аргъ,— дзырдтой-иу лæгтæ. — Дысои нын нæ лæджы дыргъ- джыйнæгтæ бахуыдтой, æмæ æндæр дзырд не скодта, зæххыл бадын дæр, дам, мæ нæ уагътой. Хорз адæм, кæмдæр, хорз,— сæ кой-иу кодтой устытæ. Изæры-иу хæристы бынмæ бамбырд уыдаиккой хъæуы лæппутæ. Кæрæдзп- йæн-иу алы æфсæнттæ кодтой: — Дысон нæ хъуг æдде баззад æмæ... Арсæй исты тас у, куыд зæгъыс? — Нæ телевизор... нал кусы... Зам- манай телевизор. Цы йæм "рауад — иу- 3
нæг хуыцау йæ дæсны. Зæгъын, горæтмæ йæ ныддавон æмæ... Афтæ, цалынмæ цæст уыдта, уæдмæ-иу бадтысты бæлæсты бын, тамако дымдтой æмæ алы ныхас код- той. Хъуг агурынмæ дæр-иу ничи ацыд, телевизор дæр- иу аразынмæ ничи аласта. Фæстагмæ æз дæр сахуыр дæн суадоны сæрмæ. Хур бон уæд, æндæр-иу райсомæй уым балæууыдтæн. Сбад- тæн-иу хæристы бын æмæ-иу чиныг рафæлдæхтон. Кæй цы хъуыддаг и? Скъоладзау дæн, æмæ мæхицæн чннгуы- тæ кæсын. Иурайсом та бадтæи даргъ фæхс бандоныл. Чиныг куыд рафæлдæхтон, афтæмæй лæууыд мæ уæрджытыл. Уалынмæ фегом кæройнаг уаты дуар æмæ дзы’ базимæ рахызт Дунет. Æз фестадтæн, размæ агуыбыр дæп, аф- тæмæй кастæн чызгмæ. Уый баз æрæвæрдта тыргъы уæлвæйнæгыл, йæ къухæй йæ алæгъзытæ кодта. Чысыл алæууыд. Къухаууонæп хурмæ скасти. Фæлæ уайтагъд æруагъта йæ къух. Уатмæ баздæхти. «Цымæ сæм иу баз йедтæмæ нæй?» Чысыл фæстæдæр та иу баз рахаста Дунет. «Цымæ цал базы ис дыргъджыйнæгтæм?» Базтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар... фаззæттау æмхуызæттæ, æмиæстæ. Рæгъæй лæууынц уæлвæйнæгыл. Чызг та ног рахызти базимæ, æрæвæрдта йæ иннæты кæрон. Йæ къухтæй йæ æр- лæгъзытæ кодта, стæй йыл цæмæндæр йæ сæр æруагъ- та. Æмæ пæ уыцы сахат федтон, цыма мæ тæккæ раз фестади: цыбыр схъæл роцъо, бæзджынгомау былтæ æмæ даргъ, хуры тынтау даргъ цæстыхаутæ. Уæдæй фæстæмæ изæрыгон дæр цæуын райдыдтон суадоны цурмæ. Тæрсгæ кодтоы, миййаг, Дунеты лæ’п- путæй исчи куы фена, исчи йæм куы сдзура. Æмæ-иу æддæмæ куы нæ разынд, уæд-иу ноджы хъæлдзæгдæ- рæй рацыдтæн нæхнмæ. Иуизæр суадоны цурмæ фæзындн Рсзо. Уый кол- 4
хозы шофырæй куыста, иууыл — хъазгæ, иууыл — хын- джылæг. Сылгоймаг уа, нæлгоймаг уа — уæлдай йын нæ уыд: цы нæ-иу сæппæрста йæ дзыхæй. Фæлæ, дам, ыл хъазæн ныхас хорз фидауы. Афтæ-иу дзырдтой лæг- тæ. Никуы, дам, базæронд уыдзæн Резо. Суадоны сæр уыцы изæр уæлдай бирæ лæппутæ уыд. Резо дæрддзæф фæлæууыд, йæ цæнгтæ йе ’мбуар раст æруагъта. Бадгæ чи кодта, уыдон фестадысты. — Цинты лæуут!.. — Алæ, æнæбайрайгæ фæу дæ къонайæ, къонайаг дæр дын ницы ис, фæлæ. — Резо, иу хатт ма адæймаджы хуызæнæй æрлæуу адæмимæ. Кæннод ды иууыл хынджылæг кæныс, æмæ уый хорз нæу, нæ. — Нæ, нæ, мæ хур, Резо хынджылæг нал кæны. Афæрс-ма дæлæ дыргъджыйнæгты, кæддæра æндæр- æхсæв хынджылæг кодтон. — Æмæ цы кодтай æндæрæхсæв? — Мацы та бакуса ацы æрра! Лæппутæ йыл амбырд сты. — Ардæм дын æрбауадтæн. Иучысыл алæууыдтæн. Нæй. Ехх, зæгъын, Резо, мæрдты дæ фыды цонг ма ссар, ды æгады здæхт куы акæнай. Ныммидæг дын сæм дæн. Дзæбæх ныххостон дуар, дзæбæх. Уалынмæ дын байгом æмæ — дыргъджыйнæгты чызг. Хорз. Ми- дæмæ, дам, рахиз. Йæ къух ын райстон. Уыцы къухыл дæ фаг фæхæц, стæй ласгæ мард фæу! Иннæ ахæм йæ цæстыхаутæ. Уæд Резойы йæ цæвæджы хъæдыл æрхæс- сæнт, кæд уыдон дисныйы дæргъæнтæ нæ уыдысты. Фæ- лæ йыл цыдæр фыд æрцыд, цæстытæм мæ кæсын нæ бауагъта. Уайтагъд та иу сæ... Уыиы рæстæджы мæнмæ фæкомкоммæ и Резо. — Ды та ам цы ми кæныс? Æз фæсырх дæн, мæ цæстытæ зæххы ацавтон. — Цы ми кæнын?.. — Стыртæм цы хъусыс? 5
— Алæ, чи дæм хъусы?4 Мæнæ нæ хъуг йеды баз- зади... — Æмæ уыц суадоны хуынчъы абырыд, кæд уын йеды баззади, уæд? Æз лæппуты разæй иуварс ацыдтæн. Æниу мын хъæугæ афтæ кодта. Иæ дзыхы цы бахаудтæн? — Стæй, стæй — фæйнæрдыгæй ныйирд сты Ре- зомæ. — Стæй цы? Мидæмæ бацыдтæн æмæ дзы иу- фондз...— Резо йæ къухæй ацамыдта, о’ма, фæдæле кодтон.— Йæ нуазæн .дæр мын авæрдта, уæддæр ыл цыдæр фыд æрцыди — йæ цæстытæм кæсын мæ нэе ба- уагъта! Ахæм æнамонды хабар никуы федтон. Æвæц- цæгæн, сæ гаччы пе сты йæ цæстытæ... — Уанцон нæу! — Ай та цытæ дзуры?! Уæртæ ма Мæгуыраумæ бай- хъус, кæддæра уыцы цæстыты койы фаг йедтæмæ у! — О, мæ хуыцауы хай дæм хъазахъхъ фæцæуа, Мæ- гуырау!..— Иыууынæргъыдта Резо. Тасолы дæр Мæгуырау фыццаг Резо схуыдта. Ныр ын йæ ном ничиуал зоны, цыма йын æй давгæ ачынди. Резо пæ алыварс аракæс-бакæс кодта, чи йæ федта- ид, уый загътаид: цыдæр сусæгдзинад зæгъынмæ хъа- вы æмæ нæ уæнды, йæ зæгъынмæ йын дзæбæх йæ ныфс нæ хæссы. Æрæджиау йе уæхсчытыл хæрдмæ схæцыд. — Кæд ын искуы баззадысты æмæ йын сыл афтæ- мæй бамбæлд, уый йедтæмæ Мæг.уырау... — Куыд уыд, уый зоныс? — ныхас йæхимæ айста рынчындоны æхсæвгæс Ц’ъæхой.— Иæ тракторыл сын сæ уæрм æмбæрзынæн хъæмп баласта æмæ афтæмæй... Резо йæ къух ауыгъта. — Æниу сын цæмæй тарстаид Мæгуырауæй? — бан- доны кæрон æрбадти, æдзынæг ныккасти хæдзармæ.— Фыд дæр ын фыды хуызæн и! Лæг кæм федтай, ахæм. Æтт, зæгъын, ды мæ лымæнæн куы уаис, æмæ дыккаг бон мæ хадзар цъыбыртты сыгъд куы бауид! — Резо 6
хъæрæй ныххудти, бахудызмæл сты иннæтæ дæр. Уыцы рæстæг байгом кæрты дуар æмæ æддæмæ ра- хызт Дунет. Йæ къухы дыууæ урс бедрайы, цыма сы- къайæ хæцыдысты, уыйау кæрæдзимæ сæхи сарæзтой, иннæ къухы — кæрæмис. Æрдынау ныкъкъæдз. Чызг сагъдау фæци: утæппæт лæппуты цур æй донмæ цæ- уын нæ фæндыд, æвæццæгæн. Фæлæ ма фæстæмæ дæр куыд аздæхтаид? Рацыдй... Тыххæй фæрæзта лæппуты цæстæнгас хæссын. Уæвгæ йыл сæтгæ нæ кодта. Йæ алы къахдзæф, йæ алы фезмæлдæй дæр цыма афтæ дзырдта: никæй уынын, ничи мæ уыны. Фæлæ цы уыд- та, уый йæ къона зыдта: рæстмæ йæ къах айсын нал арæхсти. Æппынæрæджиау схæццæ ис. Суадоны раз æрлæууыд. Бедратæ зæхмæ æруагъта. Кæрæмис йе уæхскыл фæцæйæвæрдта. Фæтыхст. — Уе ’зæртæ хорз.— Уадултæ сырх адардтой. Цæ- стыхаутæ уырдыгмæ ауагътой сæ уæз. — Хорз амонд дæ хай,— арфæ йьтн ракодта Резо хъæрæй. — Бузныг,— загътон æз дæр. Иннæтæй ничи ницы загъта. Цыма æгомыг уыды- сты, къуыттытæ. Чызг фæгуыбыр кодта. Иæ бедратæ ранхъæвзта. — Дон уæ чи аназдзæн? Фыццаг араст Резо. — Хыбаты цæхæраджынтæ мæ æнæзæнæг фæкод- той, æнхъæлдæи. Цæххæй сын бафсис нæй дуцгæ хъуц- цытæй уæлдай. Никуы федтон мæ дунейы ахæм адæм! Чызг ныпЪыррыкк кодта. Комкоммæ бакасти Рсзо- мæ, фæлæ уый уæдмæ йæхиуыл бедра скъул кодта. — Алæ-ма, æз дæр дзы... — бакодта Джери, уæзбын- арæзт, стæвдтæ лæппу.—Иугыццыл дзы...—æмæ уæз- заугомау араст и дæлæмæ. Йæ чъылдым цыма фæй- нæгæп уыд — иунæг ран дæр нæ фæтасыд йæ хæдон. Резо йæм бедра радта. — Гъа. Ды дæ фаг нуазыныл куы схæцай, уæд бед- 7
ратæ дæумæ уадзын бахъæудзæн. Ахуыппытæ дзы кæн? сомыхъом куыд уай, æндæр афтæ æнхъæл дæ... Джери сындæг сдардта бедра йæ дзыхыл. — Æри-ма, Джери, лалым нæ дæ.— Сæ уæлхъус алæууыд нæ уæллагсыхаг лæппу Гина.— Райсом, æвæц- цæгæн, æххормагæй дон анызтон æмæ абондæргъы... Джери бедра æриста. — Уæдæ куыд æнхъæл дæ! Афтæ у. Райсом æххор- магæй доны хъæстæ фæдæ, бон-изæрмæ нал банцайдзы- нæ дæ нуазынæй.— Джери ног сдардта бедра. Гинайы къухтæ ауыгъдæй баззадысты. — Цæхджын джитъри... Уæллæй, ацы цæхджын джитърийæ æвзæрдæр... Райсом мæ Тъоройтæ бадав- той... Æнæрай фæуæнт сæ хæдзæрттæй.—Цъæхой йæ мпдбынат цоппай кодта. Бынмæ ныццæуын дæр æй фæндыд, йæ цæсгом дæр нæ хъæцыд.— Гъер искæй тыххæй— гъа: хъуамæ дойныйæ мæла лæг... Ныр цы ми бакæнон?.. Цъæхойы ныхас, суадоны цур чи лæууыд, уыдон нæ хъуыстой. Фæлæ йын Резо йæ тыхст бамбæрста. — Гъей, Цъæхой, тсделеттаг гогызы кафт куьт рай- дыдтай. Кæд дын дойны у, уæд рацу æмæ баназ. Дыргъ- джыйнæгтæ бирæ дæ хуызæттæн бадардтой дон. — Ды та дæ дзых ма ныххæлиу кæн! Искæй дæр маргæ нæ кæны уый хуызæн дзæбæх дон.— Уыцы ны- хæстимæ Цъæхой сæ уæлхъус алæууыд æмæ йæ къух- тæ бедрамæ бадаргъ кодта. — Нуаз уæдæ, нуаз, кæд искæй дæр маргæ нæ кæ- ны, уæд. Чысыл фæстæдæр æз иунæгæй баззадтæн. Мæн дæр бæргæ фæндыд дыргъджыйнæгты бедрайæ бана- зын, фæлæ та Резо исты куы зæгъа. Йæ дзых æй нæ фæрсы... Уырдыгмæ сæм къулбæрзæйæ кастæн. Дунет сс ’хсæн лæууыд. Иæ галиу къухæй йæ халаты тæрттыл хæцыд. Йæ цæстæнгасы нымбæхсти мидбылхудт. Хатт- иу цæстыхаутæ сæхиуыл фæхæцыдысты, былы кæрæт- 8
тæ-иу фæтынг сты. Сцæй-иу худт, фæлæ та-иу уайтагъд цæсгом йæ фыццаджы уаг равдыста. — Ды нæ нуазыс? — сдзырдта мæм уæлæмæ Дунет. — Уымæн абон йæ мад дзидзи бадардта,— мæ ра- зæй фæци Резо.— Дон нуазын нæма зоны. Уыцы ’хсæв фыццаг хатт бавзæрстон æгъуыссæг. Æвæд хъæдты цæуæгау-иу мæ сæнтты фæдзæгъæл дæн. Æрæджиау дыргъджыйнæгты æдде къахвæндагмæ ра- хызтæн. Мæ зæрдæмæ-иу хур бакаст æмæ та-иу ног адзæгъæл дæн. Ныссуйтæ дæн фынтæ æмæ хъуырду- хæнты ’хсæн. Чи сæ кæцы уыд, уый дæр нал æмбæр- стон. Æраджиау нæ хъуг сцæйскъæрдтон, хъæугæрæт- ты. К/ьахвæндаг цыма дыдæгътæ бачынди — размæ мын ницуал æнтыст. Мæнæ суадоны фæндаг. Æрлæууыдтæн. Суайон æм, ма йæм суайон? — сагъæс байдыдтон. Мæ цæстытыл ауад Дунет. Бæрзонд, гуырвидауц. Уæртæ æрбацæуы. Дыууæ бед^айы дон æрбахæссы. Æз ын ацы хатт цæмæдæр кæсын йæ зæнгтæм. Уæраджы сæ- рæй дæлæмæ гом. Раст зæнгтæ. Фидар зæнгтæ... Йæ алы къахдзæф дæр цыдæр æхсызгон у мæ удæн. — Дон-ма мын авæр, — дзурын æм хъæрæй. — Нæ хъуг агурынмæуыдтæн æмæ...—Чызг мæм раззаг бедра æрбадардта. Аназон куыд загътон, афтæ кæсын, æмæ дæлæ Резо, Гина æмæ иннæ лæппутæй ноджы чидæртæ цæуылдæр худынц. Резо мæ ауыдта. Йс ’нгуылдз мæм батылдта: исты ссыбыртт кодтай — додой дæ ’къона. Иннæ бедрамæ бауадтæн, мæнæ диссаг: бсдрайы бын тъæпæны бадынц Джери æмæ Цъæхой. Ныхас кæнынц. Джерн тамако дымы. Цъæхой йын лæгъстæ кæны: — Уый æнхъæл мæ нæ дæ? Бафиддзынæн дын æй. — Нæ дымыс, æндæра дын... Раттин дын, фæлæ мьтн... Æхсæв дæр дымгæ кæнын, æндæра... — Ацы мæйæн йе ’вддæсæмы мæ мызд рапсдзынæн æмæ дын фондз къоппы балхæндзынæн сæ дзæбæхтæй, мæнæ сын фæздæгфæрсудзæнтæ куы и. — Иедтæ зæгъыс, фæздæгфæрсудзæнтæ? Нæ, æз 9
ахæмтæ нæ дымын. Уыдон фæлмæн сты. Хъуамæ тама- ко йед уа, хъæбæр. — Иарæби, иу тамако мын ратт, уый бын дын на^ фæуыдзынæн. — Цъыф чи хæры, уый йæ уидыг йæ сины дары,— алыг кодта Джери. Сындæггай йе ставд дæндæгтæ байгом кодта, худы. Ай цы хабар у? Дунетмæ фездæхтæн. Уый мæм комкоммæ йæ цæстыты дзаг æрбакаст. Æз ныццин код* тон. Федтон ын йæ цæстытæ!.. Хурау стыртæ, хурау æндаваг. Кæсынц мæм. Стыхстæн сæ, мæ хид акалди. О, хуыцау!.. — Ныхы дзуар фæхæссæд, мæ хур,— кæцæйдæр мæм æрбайхъуыст Нанайы ныхас. — Цыма, дам, æм а сымахон дæр бак’æс-бакæс код- та,— уый та нæ сыхæгты ус Сабеда у. Кæцæй фесты, кæ? — Алæ, уæд уый чи загъта, дæу йедтæмæ, ууыл хур ма ракæсæд, афтæ. Нырма мын йе ’вддæсæм азы кæхц- гæнæны куы бацыд. Уæд уанцон нæу. — Гъе, Плион, йе ’вддæс азмæ йын ма кæс. Зæрдге фыды мур хонынц, фæлæ сыл- уæд фыдтæ фæцæуæд, кæд уый фыды мур нæу. — Уымæй дæр цы рæдийыс.— Иннæрдæм фæзылди мæ мад.— Стæй дын чызг дæр чызджы хуызæн уыдис? Адæймаг æй донимæ анызтаид. — Æнæнтыст фæуæд, æгас хъæуы лæппуты сæртæ куыд разплын кодта, афтæ. Кæмæн зæгъынц, кæ? Мæ бон рабадын нал у, мæ хъæццул мыл ныффæлдæхт. Цъист мæ кæны. Мæ сур хид акалд. Кæй кой кæнынц Нана æмæ Сабеда? — Уыцьь лæппу йæхицæй ма ныббуц уа,— райдыд- та та Сабсда.— Фæлæ ма дзур: сæхи аххос у нæ хъæ'-; уы лæппутæн, афтæ сын хъæуы. Æгæр, зæххы бикъ фс- стæд, уæддæр сылгоймаг йедтæмæ исты у? ’Сылгонмаг 10
скъæфтæй дæр фидауы. Ныр тигътыл дзедзылæйттæ кæйынц гуыбыннизæй рынчынтау. — Кæм’æй зæгъут, кæ? — тыххæй-амæлттæй рабад- тæн. — Никæмæй, дæ нывонд фон. Дысон уæртæ дыргъ- джыйнæгтæ сæ чызджы радтой, æмæ уый кой кæнæм. Æз мæхи фæстæмæ хуыссæны ауагътон. — Кæмдæр, дам, хорз лæппу. Раст Арвыуациллайы хуызæн. Трактористтæн, дам, бригадирæй кусы, сæхи- мæ Дыргъджыны. — Уæдæмæ, дæ разы, дзырд уыдысты. Уый йедтæ- мæ мæ куыд хуыцау федта — никуы ехсы цъыкк, никуы бæхы хуыррьпт. Æвиппайды Гакъайы топпы хос нæ. уыдысты, миййаг,— Сабеда цæуылдæр нæ разы кодта. Фæлæ йæм мæ мад ницуал сдзырдта. Æз дæр æм нал хъуыстон, сзехæдæг ма мæм цы хъуыстысты ныхæстæ, æндæр. Уыцы бон, дам, бирæ рынчынтæ • уыд нæ хъæуы. Æмæ сыл дохтыр Дыдых æнкъардæй зылди. Хæдзари- хæдзар. Кæмæн-иу" авæрдта исты хос, кæмæн — нæ. Мæн нæ абæрæг кодта...
КÆРДЗЫНЫ КЪÆБÆР ыцы уалдзæг мæ зæрдæйы баззади. Цы- ма уымæй размæ уалдзæг никуы уыди, цыма уый иунæг уалдзæг уыди мæ цар- ды... Райсомы хуры тынтæ ныццæнд сты нæ рудзынгыл, сыгътой йæ, тыдтой йæ мидæмæ. Æз тъахтиныл бадтæн мæ уа- ты æмæ уырдыгæй кастæн рудзынгмæ. — Уал дæ баззайæд, цы хур дæ! Уыцы æлгъыст нæ сыхæгты зæронд лæг Бетъойæ базыдтон. Æндæр ын ма- цы ратт, уыцы æлгъыст йедтæмæ. Æл- гъитгæ та арæх кодта Бстъо. Искæй хъуг йæхи ахафæд сæ кауыл—уайтагъд- иу йæ хъæр фæцыд: — Уал дæ баззайæд, цы хъуг дæ! Искæй хъыбыл сæ цæхæрадонмæ ба- ирвæзæд, уæддæр — афтæ: — Уал дæ баззайæд, цы хъыбыл дæ! Æз бирæ уарзтон стырты фæзмын. Уæлдайдæр та-иу мæ куы ничи уыдта, уæд. Хæдзармæ æрбахызти мæ мад, йæ къухы фæра^т. Æвæццæгæн, сыхæгтæй искæй фæрæт ракуырдта. Йæ фæрстæ æрттывтытæ калдтой, акæс сæ — цыма
кæсæны акастæ, уыйау дæхи федтаис. Къаннæггомау джидй фæрæт. Нæхион тынг ныкъкъуымых и, суг сæт- тынæн^дæр нал у, фадгæ ма цы кæны, æндæр лыг æп- пындæ(э нал кæны% Стæй йæ хъæдæй дæр фелвæсы. — Р^абадтæ? Хуыздæр у, хуыздæр, кæннод уæнгтæ амæлынц,— дзургæ-дзурын мæм хæстæг æрбацыд.— Уæртæ дын къусы æхсыр. Аназдзынæ йæ. Хуыздæр цы мæ бон у? Мæ хъуг кæмæн баласон, уый дæр мын армыдзаг ссад нæ ратдзæн. Кæд изæрмæ нæ хордзау зынид. Дзæбæх къулвых кæрдзынтæ скæндзыстæм. Уæртæ нæ цыхтытæй иу æмбисонды дзæбæх сæн- хъызт. Мад ацыд. Æз рудзынгыл ахæцыдтæн, мæ сæр дзы атъыстон æмæ мады фæстæ ныккастæн. Хур рудзынг фæуагъта, фæрæтыл йæхи андæгъта, фæрæтæй ницуал зынди, сыгъди, цæстытæ йæм нæ лæууыдысты. Нана йæ иучысыл~ йæ къухы ахаста, стæй йæ йе уæхскыл баппæрста. Хур та йыл ногæй ацауындзæг. Мад цыди мæсты, риуыгъгæ къахдзæфæй, цыма нскæмæ лæбур- гæ кодта. Æз тæрхæгæй æрхызтæн. Ме уæхскæй арынджы сæ- рыл схæцыдтæн æмæ къус райстон. Æхсыры уындæй мæ зæрдæ ныккæрзыдта — схъыг дзы дæн. Афу йыл кодтон, стæй йæ фæстæмæ йæ бынаты бавæрдтон æмæ æддæмæ рацыдтæн. Сæ кауы цур зæронд къодахыл бадти Бетъо. — Æрцу-ма ардæм, лæппыз,— фæдзырдта мæм. Лæппутæм иууылдæр афтæ дзырдта. Æвæццæгæн ын сæ пæмттæ схæццæ вæййыпц æмæ, иуы помæй иинæмæ куыд нæ сдзура, уымæн афтæ кодта. Æз æм сындæггай бацыдтæн, мæ къухтæ мæ хæлафы комдæлы æртъыстон, æрдзуццæг кодтон йæ разы. — Ницыма бахордтай, бецау? — Ницыма. — Гъа,— йæ армыл мæм æрбадардта дыууæ хуы- чъыйы. Æхсад хуычъытæ урс-урсидæй зындысты лæ- 13
джы тарбын армыл.— Уæлæ лæнчы Алекси хуьщ кæ- ны. Хæрх, хæрх! Стæй лæнчы хуычъыйæн æмбак кæм и? Кæрдзыны æххуыс кæны адæймагæн. Фен сæ мæ гæды ныхасæй. ) Æз сæ ахордтон. Хуычъы куыд вæййы,' афтаё’ уыды- сты. Фæлæ иугæр кæрдзыны æххуыс кæнынц, /уæд сæ раппæлыдтæн æз дæр. — Гъа-гъа, куыд хорз сты!.. — Уæдæ дæ æз сайгæ кæнын! Сывæллон дæн? Уæ« дæмæ цом æмæ гутоны фæстæ азилæм,. уартæ "сæ суа- доны хæрзæхсад ныккæндзыстæм... Бетъо сыстади, кауыл баццой кодта, цæхæрадонмæ акасти. — Иугыццыл картоф асагътон, зæгъын, кæд рага- цау сбæззиккой, æмæ мын адæмы кæрчытæ мæ туг банызтой.— Стæй сындæггай зæхмæ нывнæлдта, иу дур- систа æмæ йæ цæхæрадоны дæллаг кæронмæ фехста.— Уал уæ баззайæд!.. — Йæ ныхас нæма фæци, афтæ фæн- даджырдæм акаст къухаууонæй. Æз сыстадтæн, каумæ схызтæн, æрбадтæн, мæ цонг каумихыл æрбатыхтон. — Акæс-ма,— загъта Бетъо.— Кæд ма исты зонын, уæд уын нæ бæлццон æрбаздæхы. Гуы. Уый у. Афтæ нæу? Дзæбæх уæргътæ æрбахæссы, дзæбæх. Кæсыс, бæх сæ быны цæуын нæ фæразы. Цымæ йæм Хъæцмæ- зон цал къуымыхцыйы радта? Радтаид æм иу-цыппар, иу-фондз къуымыхцыйы бæрц, нæ? Снкъо сæрдарæй куыста нæ хъæуы. Фæлæ хæсты рæстæджы нæ колхоз тынг смæгуыр — хæсты размæ дæр цастæ колхоз уыдаид: дæлæмæ дæр цыппæрдæс хæдзары, уæлæмæ дæр. Уæд та ма нæм иунæг хъуг баз- зади æрмæст. Цас хъиамæт ма уыдаид ахæм колхозы? Фæлæ Сикъо йæ фыдæбоны хай кодта уæддæр: къуыри иу хатт, дыууæ къуырийы иу хатт хъæубæсты цыхты- тæ пæ ’зæронд урс бæхыл Чъребамæ ласта æмæ сын сæ хорыл ивта. Устытæ ныл сахуыр сты. Базармæ цæ- 14
уын сарм сæрдары ахъаззагдæр куыст кæсын райдыдта, æмæ-иу истæй тыххæй йæ балц куы афæстиат, уæд-иу бустæ]ла систаиккой фæйнæрдыгæй: — Щæ бон ныккалæд нæ сæрдар! — Мæнæ æмбырд скæнын хъæуы æмæ йæ сисын хъæуы, Уый йедтæмæ уымæй сæрдар нæй.. — А^æм ыл се 'уУæнк бафтыдтой, уымæ ма исчи акæсæд!.. Уæргътæ æрæргъæвтой уæзæгыл. Уайтагъд хæдзæрт- ты къахылдзог нал баззад. Уынг базар фестад. Сикъо лæууыди бæхы æнцой æмæ æнкъардæй голджытæм касти. Бетъо йæм хæстæг бацыд, йæ къух ын райста. — Исты бабазар кодтай, бецау? — Дзæбæх мын райстон,— йæ сæр батылдта Сикъо, йæ цола уадултыл урс хил ныффæлдæхт. — Фистæгæй фæцыдаис? — Фистæгæй, уæдæ ахæм уæргътимæ уанцон нæу. Бæх дæр уд йедтæмæ цы у? — Гуы. Уæдмæ устытæ голджытæ райхæлдтой, нартхорæй систой, се ’рмтты йæм ракæс-бакæс кодтой. — Сызгъæрин фестай! • — Акæс-ма, цæхæры хуызæн нартхор! — Мыдадз никуы федтай!.. Спкъойы раз æрæвæрдтой иу урс-урсид хъæдын къæрта æмае тæстытæ тасмачъи къус. Уыдонæй-иу уæрста нартхор. — Æз бæх ауадзон,— загъта Бетъо. Йæ саргъ æмæ йын йæ уæлæфтæуттæ систа. Зæххыл сæ кæрæдзийы уæлæ æрæвæрдта.— Цом, лæппыз,— радзырдта мæм цæугæ-цæуын йе уæхсчы сæрты. Бæх æнкъардæй цыди Бетъойы фæстæ. Уæлбылæй куы схызтыстæм, уæд суыдтам Алскси- йы — гуыбырæй ауæдзыл бадт, йæ цæнгтæ дзуарæвæрд скодта, афтæмæй сæ пæ уæрджытыл ауагъта. Уымæй чысыл фалдæр зынди гутон, йæ бырынкъ — зæххы 15
сагъд, йæ цæнгтæ — хæрдмæ хъил, цыма стæхынмæ хъавыди. Иуварс æнæкондыл хуыссыдысты галт/æ. Бетъо мæм æрлæууыд, æз æй куы баййæфтан, уæд загъта: / — Цæй гутондар ма и Алексийæ дæр. Гутон дары- нæн фидар къабæзтæ хъæуы. Амæн та ма йæ/ цонгæн йæ ныв цы баззад, æндæр ма йын дзы цæй донг и... Уæд ын йæ тæригъæд куы бахæриккой леменц! • Алексимæ куы бахæстæг стæм, уæд нæм райхъуыст йæ зарын. Бетъо бæх уæлдæр "аласта, æз æддиаугомау æрбадтæн.ауæдзыл. Алекси зарыд: Кæм сты нæ адæм, Цы фесты нæ сæрæнтæ? Хуымтæ, уæ мæ бон, Зæрæстон зайдзысты... Æнкъард зарæг уыд, фæлæ цыдæр æхсызгон уыди адæймагæн. Бетъо дæр нæ тагъд кодта Алексимæ. Æвæццæгæн, йæ зарынæй куы ныллæууа, уымæй йын тарсти. Æрæджиау зарæг банцади. Бетъо Алексийы цур ауæдзыл йæхи æруагъта. Скъуыддзæгтæй мæм хъуысти сæ ныхас: — Æмбаргæ сывæллон... — Иæ фыды фарн ын уæддæр куы баззаид, бецау! Гъетт, мæ зынг дæ бахуысса, Тотыр, кæд искуы æнæ- ныгæнæг фæдæ!.. Исдуг фæхъус сты, стæй та мæм райхъуыст: — Уал сæ куы баззаид леменцæй! — Фесæфти хæдзар, æндæр иу дæр нал æмæ иннæ дæр. — Хъæцмæзон мацы æрыхъусæд, æз уæ мæрдты уазæг, арт бафтаудзæни йæхиуыл. — Цалы дзы бамбæхсдзыстæм?.. Алекси мердæм æрбакасти, стæй сыстад, гутоны 16
цонгаёй йæ хызын райхæлдта, систа дзы тæнæггомау нартхбры кæрдзыны æрдæг. — Рауай, ме ’мбал, гъа кæрдзын дын. Хуычъытæ æнæхсадæй ма бахæр, де знаг йæ ахсæнæй амæл- дзæн. \ Æз æфсæрмыгæнгæ, фæйнæрдæм тæстытæгæнгæ ба- цыдтæн|лæгты размæ. — Æгæр стыр у, уыйас мæ нæ хъæуы. — Аис, бецау, айс. — Уыйас нæ бахæрдзынæн. — Мæгуыр хæраг вæййы,— мæнæн нæ, фæлæ аф- тæ æнæуи загъта Алекси æмæ та ауæдзыл йæ бынаты æрбадти. Æз æмбæрстон, мæ фыдæй æвзæр хабар кæй æры- хъуыст, уый. Устытæ-иу* мæ куы ауыдтой,' уæд-иу сæ ныхас ’сусу-бусумæ фездæхтой, тæригъæдтæ кæнын-иу мын байдыдтой. Мадæй сæхи тынгдæр хъахъхъæдтой, æвæццæгæн. Æндæр сæм уымæн йæ зæрдæ куы фех- сайдтаид, уæд ма сæ афтæ уагъта. Фæлæ æз сывæллон уыдтæн, кæд мæ æмбаргæ хуыдтой, уæддæр... Кæрдзынмæ бирæ фæкастæн. Сикъо кæй’ æрбахаста, ахæм нартхоры ссадæй конд. Ранæй-рæтты йыл ныхы сæры йас тъæпæн фæрæктæ ныхæст, бур-сырхбын фæ- рæктæ. Хъуыды кодтон: ам лæгты раз райдайон хæрын, æмæ уый куыд уыдзæн? Æз хæргæ кæнон, уыдон та мæм кæсгæ кæндзысты? Фæлæ дзы куы нæ ахæрон, уæддæр куыд уыдзæн? Æрæджиау æй мæ дæларм бакодтон æмæ сыидæг- гай араст дæн ауæдз-ауæдз. Хуымы кæрон дзоныгъхъусы стæвдæн ногконд су- гыл бадти Нана. Æз æй куы ауыдтон, уæд фестъæл- фыдтæн, фæтарстæн. Афтæ мæм фæкасти, цыма Нана фæстæмæ сыстынмæ нал хъавы, афтæ баддзæн æмæ баддзæн, цалынмæ йæ цæсты рухс батайа, уæдмæ, ца- лынмæ дзы удыртау уа,-уæдмæ. 2 Хурвæндаг 17
Æз æм бадугъ кодтон. / — Цы кæныс, Нана!.. / — Куы ницы, дæ нывонд фæуон,— мæ сæр мъш йæ хъæбысы æрбакодта. ^ / Нанайы фарсмæ нæууыл тъæпæн æвæрдæй лæууыди •фæрæт. Йæ сыгъдæг урс фарсыл урс пихылæйттæй сыгъди хуры тын. Фæрæт уыди æрцæвынаив, цьща ныр- тæккæ фезмæлдзæн æмæ йæ цыргъ ком истæуыл|æруадз- дзæн — уыцы хъуыды мыл цыдæр ныфс æфтыдт’а. Исдуг мæ мæ кæрдзын айрох, стæй йæм фæлæбурд- тон. — Ай, мæиæн кæрдзын. Алекси мын æй радта! Мад йæ цæстытæ раздæхта кæрдзынмæ, къухæй дæр æм бавнæлдта. — Лæгтыдзуар æп барæвдауæд.— Стæп куыд æн- къард уыд, уымæй ноджы фенкъарддæр ис.— Æмæ цы- мæ ныр йæхæдæг тæригъæд нæу æххормагæй?.. — Сикъо æрбацыд, Дунейы нартхор æрбахаста. Мах æм цал цыхты радтам? — Фондз. — Гъе, гъе, уæдæ! — сцин кодтон æз.— Нана, хæ- рæм!—кæрдзын йæ астæуыл фæсастон, æмæ йын йе ’рдæг мадмæ авæрдтон. Æндæр хатт афтæ æнæмæт комдзæгтæ нæ кодтаин мæ кæрдзынæй. Фæлæ ныр цæмæй тарстæн? Фæуыдзæн æмæ фæуæд. "Исты Сикъо не ’рбахаста нартхор? Тæк- кæ райсом æрысдзыстæм нæ нартхор æмæ... Æз мæ иыхасæй фæлæууыдтæн — мæ цин фæ- урæдтон. Ауыдтон мады цæстытæ. Уыдон æдзæм æмæ хусæй кастысты Къахырырдæм. Быдырыдон кæуылты ацæуы, уым дыууæ хохы фæгуыбыр сты æмæ сæ сæрмæ къахырæй аззад. Цæмæйдæр фæтарстæн. — Кæдæм кæсыс, Нана? — Куы никуыдæм. Далæ Къахырмæ. — Цæмæн кæсыс Къахырмæ, Нана? — Ницæмæн, дæ нывонд фæуон. Æнæуи афтæ... 18
Æк дæр акастæн Къахырырдæм. Дæлиау рæбынæй къæдзшæдзыгæнгæ зынди фæндаг. — Нана, далæ уыцы фæндагыл куы ацæуай, уæд кæдæм! ахæццæ уыдзынæ? — Къæ, хуыцау дæ уыцы фæндагыл дзæбæхæй ацæ- уын кæра, мæ хъæбул! — Цæуылдæр фæцингъуыз и На- на.— Æмæ йыл кæдæм цæ ахæццæ уыдзæнй’ адæймаг? Суанг арвы кæронмæ дæр. ^ — Сикъо дæр ууылты ацæуы? — Уæдæ кæуылты ацæуы? — Дада дæр ууылты ацыд? — Уый дæр ууылты ацыд. Цæугæ бæргæ акодта... Æмæ мæм уыцы рæстæджы афтæ фæкаст: Нана зо- ны æппæт дæр. Зоны, Дадайæ æвзæр хабар кæй æр- цыд. Зоны й&, кæд æй хъусгæ ннкæмæй фæкодта, уæд- дæр, хаты Г*æ зæрдæйы... Дыккаг бон мад уыцы хъæлдзæг уыди. — Сыст, дæ нывонд фæуон, мæнæ дын арынджы "цыхт æмæ кæрдзын. Æз не ссинаг куыроймæ ныддавон.* Бирæ нын æрхаста Сикъо. Уас ын сыгъдæг хуыцау йæ сывæллæттæн куы баххуыс кæнид! Мæ уистæн дæр исты амал хъæуы, исчи мын сæ фæласдзæн. Мад йæ дзæкъул аккой кодта æмæ ацыд. Дзæвгар уыди не ссинаг. Не стыр бур дзæкъул йе ’рдæгæй бирæ къаддæр нæ уыд. Ныр æнцон у, цалынмæ уый хæрæм, уæдмæ та Нана цыхтытæ бацахсдзæн æмæ... Мæ хъæццул иуварс аппæрстон, тъахтинæй æргæпп кодтон, арынджы сæрыл мс уæхскæй схæцыдтæн. Уым уæлæнгай хъæдын тæбæгъы уыди сæкæры къæртты йас цыхты къæртт æмæ кæрдзыны къæбæр. Куыддæр сæм бавнæлдтон, афтæ ме уæнгтæ барызтысту, мæ сæрæй мæ къæхты бынмæ мæ буарыл цыдæр ихæн ацыди æмæ ма арынджы сæр тыххæй баурæдтон: тæбæгъы лæууы- ди зноны къæбæр, Нанайæн Алексийы кæрдзынæй цы къæбæр асастон, уый. Æнæвнæлдæй.
ФИЙЙÆУТТÆ рагæй дæр нæ уарзын æдзæрæг хæдзар. Хъуыды ма кæнын нæ хъæугæрон цы хъæмпынсæр агъуыст уыди, уый. Царди дзы хъомгæс, гуыбыртæарæзт ацæргæ лæг. Уыди йын æнахуыр даргъ къухтæ æмæ къæхтæ. Изæры-иу хъомы фзестæ куы æрцæйцыди, уæд-иу иу лæдзæгыл æнцайгæ кодта, æртæ-цыппар лæдзæ- джы та-иу йæ дæларм хаста. Уыди тынг мæстыгæр. Хъомтæй-иу исчи фæхибар кæнæ искæй цæхæрадонмæ йæхи ба- ивæзта кауы сæрты, уæд-иу зæххæй дур фелвæста æмæ-иу ыл æн йæ тых-йæ бо- нæй ныддыввытт кодта, стæй-иу алы- хуызон æнахъинон æлгъыстытæ ракалд- та йæ дзыхæй. Хъомгæс царди иунæгæй. Хæстæг-хи- онæй дæр ын ничи уыди нæ хъæуы. Хæсты фæстæ æрцыд кæцæйдæр æмæ уыцы хæдзар тыхтæ-амæлттæй фæца- рæзта. Иу бон æй сæрвæтæй мардæй æрхас- той. Устытæ дзырдтой, цыдæр, дам, ахордта. Йæ хæдзар æдзæрæгæй баззади. Иу- хатт лæппутæй чидæр загъта, хъомтæ
хизæггаг, дам, цы æхца иста, уыдон, дам, йæ уæлхæ- дзар ^ты. Уæдæй фæстæмæ æрвылизæр хызтысты хæ- дзары\цармæ. Агуырдтой хъомгæсы æвæрæнтæ. Иу^атт ссмæ схызтæн æз дæр. Талынджы кæрæ- дзийы гæзæмæ æвзæрстам. Аууæттау рабыр-бабыр код- там къуымты. Иурæстæджы тыргъы сæрты хъайваныл бабырыдтæн. Дæлбазыр хуысгæйæ бирæ фезмæстон цыдæр сæгæйдзаг бызгъуыртæ. Уыйбæрц бызгъуыр æм æмбырд та куыд æрци, кæд сæ искуыцæй æрхаста? Æрæджиау, мæ сæрыл куы схæцыдтæн, уæд кæсын, æмæ уæлхæдзар афтид. Ме ’мбæлттæ, æвæццæгæн, аф- тæ фенхъæлдтой, æз ахызтæн, æмæ мæ уым ныууагъ- той. Хъайваныл бæхбадт акодтон æмæ размæ атын- дзыдтон, фæлæ мын ницуал æнтысти. Æвиппайды мæ хъустыл ауади хъомгæсы хъæр, стæй йын ауыдтон йæ- хи дæр. Мæотыхуызæй æрбацæйцыди схæц-схæцгæнгæ. Стурты фæстæ дæр-иу афтæ цыди. Иу къахдзæф, дыу- уæ—æмæ мæ тæккæ раз алæудзæн. Æз ныцъцъæхахст ’кодтон æмæ уырдыгмæ атахтæн... Ныр арты раз бадгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд уыцы рагон хабар. Æвæццæгæн, уæртæ халагъуды тыххæй. Æдзæрæг хæдзары хуызæн. Бакæсон æм, уый мæ мæ зæрдæ нæ хæссы. Арт лæбуры талынгмæ, хæрдмæ йыл схæцы, сных- сы дзы, фæлæ йыл уый дæр йæ уæз æруадзы. Фæтъæ- пæн вæййы арт, иуырдæм фæцæйхауы. Хорз у арты фарсмæ бадын. Уæлдайдæр ахæм бæрзонд хохы сынæ- гыл. Нырма абон æрбаивтам ардæм. Фиййæуттæ зилынц гæрæнтæм. Хъуысы се ’нæвдæлон хъæлæба. Уæрыччы- тæ ныххицæнтæ сты сæ мадæлтæй. Фæйнæрдыгæй æн- къардæй уасынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы куи- ты рæйын дæр. Уыдон та цы хъуыддаг ис? Куитæй зæ- гъын. Цы дыл цæуы, никуы къæрных ис, никуы — сырд. Дæхицæн схуысс цъæх кæрдæгыл æмæ улæф. Марадз, зæгъай! Фиййæутты тыхстæй федтой, уæд ма 21
дын иу ран æрлæууой. Сæ къæдзилтæ сæ сины сæрты авæрынц æмæ хъуыддагхуызæй куы -иуырдæм/аппа- рынц сæхи, куы иннæрдæм. / Артыл сугтæ бавæрдтон, æхсидавæй йын йæ цæст ракъахтон. Арт зындЖы стъæлфæнтæ фестади. ’ Цыма сæ кæфойæ æркалдæуыд. Уæлæмæ атахтысты. ,Арт ма сæм фæлæбурдта, сæ фæстæ ма сивæзтытæ кодта йе ’взаг. Ницыуал бафтыд йæ къухы. Атахтысты. Æвæц- цæгæн сæ арвмæ тæхын фæндыди. Уалæ стъалыты фарсмæ куыд æрбынат кодтаиккой. Фæлæ сын уый фий* йауы лæджы зæрдæмæ тæхыны хуызæн нæу. Уый дард фæндаг у. Хорз у, бæргæ. Æрмæст ацы зæронд халагъуд... Зы- мæг-зымæджы дæргъы афтид уыди. Ныр ма фиййæут- тæй дæр ничи бахызт йæ къæсæрæй. Йæ дуар сау дары, цыма халагъуд нæ — хъоргъ и мндæгæй. Æз æм мæ чъылдым сыздахын. Уæд мæ цæстыл ауайы нæ иухат- ты хъомгæс. Халагъудæй рахизы, йæ цæст хин ны- къуылд æркæны æмæ мæм æрбацæйхъуызы. Ныртæккаь мын мæ цæстытыл ныххæцдзæн йæ дæрзæг къухтæй... Уæд та фиййæуттæй исчи куы фæзынид... Фæлæ нæй, Хаттæй-хатт фæсабырдæр вæййы сæрвæт, æмæ уæд мæ хъустæ ацахсынц цъыр-цъырæгты æнæнцой зарæг. Уæвгæ, цымæ, зарæг у уый? Æмæ цы хуызæн зарæг у? Цъыкк-цъыкк кæнынц зæронд сахатау. Фæлæ уæд цæ- мæн баиу вæййынц сæ хъæлæстæ? Афтæ æрмæст за- рæджы куы вæййы. Цыфæнды куы фæуа, уæддæр сын рæсугъд зарæг нæу. Сæ зарæгæй сæхæдæг рæсугъддæр сты. Æдде сыл сау уæлæфтаутæ, мидæгæй та сырх-сыр- хид тынæй куырæттæ. Тæхгæ-тæхын сын фæзынынц. Чидæр æрбацæуы æхсæвимæ дæларм-уæларм. Кæд ма исты зонын, уæд уый Корис у, æмæ пыл цы^туг ныууарыдаид, цæуыл æргæвда йæхи? Абонса- рæй куыннæ банцад йæ еу-додойæ. Æрбацæуæг Теппа разынд. Арты раз æрлæууыд, йæ дæл’арм — йæ фысахсæн лæдзæг. Куыддæр ыл хæцы, 22
цыма йын хъримаг у. Æвæццæгæн, иннæ фиййæуттæм гæсгæ. Уыдон дæр афтæ дарынц сæ цуанон топпытæ. Уæхскыл сæ æрцауындзынц, æмæ дæлармæй размæ фæзынынц сæ хæтæлтæ. Фæлæ Теппамæ хæцæнгарзæй ницы ис. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр уыцы лæдзæг. Æцæг иннæ фиййæутты лæдзджытæй егъаудæр у. — Куы нæ сæ хъæлæба хъуысы, куы нæ се ’ндæр, уæд цы фæуыдаиккой? Иунæгæй йæ ма ныууадзæд... Базæронд ис... Æз байхъуыстон. Дæлиау кæцæйдæр хъуысти куыдзы рæйын. Фæсус, уынгæг хъæлæс бæл- вырд хицæн кодта сæрвæты хъæлдзæг æмызмæлдæй. Сыхъуыст-иу, стæй та-иу фескъуыди. Æмæ-иу мæм алы хатт дæр афтæ фæкасти, цыма йæ фæстаг тыхтæ фесты æмæ ныр бамыр уыдзæн. Фæлæ та-иу куыдзы рæйын ног баиу ис уддзæфы улæфтимæ. Диссаг, ’щрмæ йæ куыд нæ фсхъуыстон?.. — Ныууай-ма, лæппу, æмæ йæ абæрæг кæн. Æз асагъæс кодтон: дзæгъæл уæтæртæ, æдзæрæг халагъуд, æнахуыр куыдз... — Фæлдыст суадоны хъæбысæй цы фæндаг ацæ- уы, ууыл-иу фæтæссар кæн, æмæ уайтагъд уым балæу- дзынæ. «Æмæ цы зонын æз фæлдыст суадоны фæндагæн...» — Уыдоны донхæссæн фæндаг у уый. «Ацы талынджы...» — Мæй ныртæккæ скæсдзæн, суадонмæ дæр нæма ныххæццæ уыдзынæ. — Цæй, уæдæ æз цæуын,— мæ хъæлæс мæхи зæр- дæмæ дæр нæ фæцыд.— Фæлдыст суадоны цур цы фæн- даг ис, ууыл фæтæссар кæндзынæн æмæ... Цæмæн ма загътон Теппайы ныхæстæ? Базыдта, тæрсгæ кæй кæнын, уый? Худинаг, худинаг! Куыдзæй тæрс, мæйдарæй тæрс, халагъудæй тæрс. Фендзынæ,— кæмæдæр æртхъирæнтæ кæнын байдыдтон мæхими- дæг. — Куыддæр сыздæхон, афтæ бацæудзынæн хала- гъудмæ, йæ къуымты æрзилдзынæн. Ахсæв дæр уым 23
схуысдзынæн... Фæлæ мæм, чи зоны, нæ фехсайдтаид Теппайы зæрдæ. Тæрсаг лæджы цур куы загътаин аф- тæ, уæд мæм йæ зæрдæ фехсайдтаид. Фæлæ Теппа тæр- сын цы у, уымæн зонгæ дæр ницы кæны. Уæвгæ уый сæрвæтты фылдæр фæрацу-бацу кодта нæ хъæуы уынг- тæй. Æмæ ма дзы куыд тæрса? Æцæг рауад Теппайы ныхас. Суадонмæ дæр нæма ныххæццæ дæн, афтæ скасти мæй. Рæгъты цыма исчи сæ фынæй фехъал кодта æмæ æнафоны базмæлыдысты. Чи уæлдæр, чи дæлдæрæй разындысты. Тугдадзинтау сыл ныппырх сты фæндæгтæ. Лыстæг фæндæгтæ. Фæ- лæ хорз зынынц мæйрухсы. Дæлæ мын Теппа цы фæн- даджы кой кодта, уый дæр. Ронау æнгом æрбатыхсти рагъы гуыбыныл. Ууылты фæтæссар кæндзынæн æмæ уайтагъд уым балæудзынæн... Ног та Теппайы ныхæстæ. Цы бафтыдысты ме ’взагыл, дæ хорзæхæй? Исты мын дунейы диссæгтæ куы нæ загъта. Тæссæртты, дам, бауай- дзынæ, æмæ дам, бахæццæ уыдзынæ. Искуы хæццæ кæн- дзынæн, кæй зæгъын æй хъæуы. Æнæкæрон куы нæ у ацы къахвæндаг, миййаг... — Гъæу-гъæу-гъæу!.. Халагъуды разæй мыл йæхи раппæрста стыр урс куыдз. Цы ’рбаци мæ фæндаг? Ау, халагъудмæ цыди комкоммæ? Уæд цæй фæндаг у уый? Суадонæй хала- гъудмæ æрмæст. — Гъæу-гъæу! — Корис! Корис!.. — Тыххæй ма абадти ме ’взагыл. Куыдз йæ ном куы фехъуыста, уæд ма йæ къæдзил батылдта æмæ йæ фæстæгтыл æрбадт. Æз лæугæйæ баззадтæн. Уæдæ цы кодтаин? Куыдзы фарсмæ куыд æрбадтаин? Корис хъуыддагхуызæй бадт, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма æз йæ уацайраг уыдтæн. — Корис!.. Уый фестади, йæ къæдзил тилгæ мæ алывæрсты æр- зылди. Æвæццæгæн, сагъæс кодта, цьт ми мьтн бакæна, 24
ууыл. Стæй фæстæмæ йæ бынаты æрбадт æмæ хъæрæй ныррæйдта. — Корис, ма тæрс, ма. Корис ницæмæй тарсти. Тæрсгæ мæхæдæг кодтон. — Гъæу-гъ&у! — Æз къæрных нæ дæн, нæ. Æз дæр фиййау дæн, фиййау. — Гъæу-гъæу! — Тепсарыхъоимæ кусын. Мæн Тепсарыхъо рарвыс- та, Тепсарыхъо. Æнæуи йæ Теппа фæхонæм, уæд ныр цæмæн загъ- тон «Тепсарыхъо?» — Дæ тæригъæдæй сыл цард ма ’рхæцæд,— æрдæ- бон Теппайæ фехъуыстон уыцы ныхæстæ. Куы рацæй- цыдтæн, уæд сæ загъта Корисы тыххæй/Æз æм сæ æр- хæццæ кодтсш, цыма йæм уыцы ныхæстæ æрвыста. Омæ уæдæ æз дæр цы кæнон? Цы уынгæджы фæдæн? Ны- хæй-ныхмæ æрлæуу искæй æнахуыр куыдзимæ æмæ •йсмæ ныхас кæн! Уымæй дæр мæм афтæ каст, цыма фæрсгæ уый кæны, дзуапп та æз дæттын. Æмæ йын куыддæр йæ иу фарстæн дæр нæ раттон дзуапп, афтæ мыл йæхи ныццæвдзæн æмæ мæ йæ быны скæндзæн. Стæй ацу æмæ хъæр кæн æххуысмæ. Корис фестади. Бауади, халагъуды раз цы артвæд уыд, уымæ, йæ раззаг къæхтæй фæнык рахафта æмæ зæрдæхалæн ниуд ныккодта. Никуы мæ бауырныдтаид, куыдз афтæ æнкъард кæнын зоны, уый. Уæвгæ хъыс- мæт сайдæй куы рацæуа, уæд уымæн цы зæрдæ фæ- лæудзæн? Куыдз та æнæмбаргæ куы нæ у. — Корис, цом! Корис, Корис!... Фæлæ мæ уый цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта. Ие стыр сæр йæ къæхтыл æрæппæрста æмæ йæ марой райхъуыст. — Мæлгæ кæны,— загътон, куыд нæ мæ фехъуса, афтæ.— Цон, Теппайæн æй зæгъон.— Корис йæ сæр нал систа. Æз фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ араст дæн. 25
Фиййæуттæ иуцалдæрæй бадтысты арты фарсмæ. Се ’хсæнæй бæрæг дардта Теппа. — Куыдзы иунæгæй ныууагътой, æмæ йæхи æргæв- ды, мæгуыр,— загътон æз. Стæй мæм афтæ фæкасти, цыма Теппа йæхæдæг дæр афтæ загътаид.— Мемæ йæ кодтон, фæлæ мын нæ ракуымдта. • — Куыдз, зæгъыс? — йæ амонæн æнгуылдз мæм ар- ты сæрты фæдардта Теппа.— Куыдз уый нæу, куитæ, уый уыцы ран чи ныууагъта, уыдон сты. Æмæ мын кæдæм аирвæздзысты?— Бартхъирæн сæм кодта, стæй сыстади, йæ лæдзæг йæ дæларм бакодта æмæ "фосы- рдæм араст. Райсомраджы райхъал дæн. Хур нæма скасти. Ду- не уыди æнæфенгæ рæсугъд. Уæлдæф — рог. Улæфын æй нæ хъуыд, йæхæдæг бырста риумæ. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта, цыма уыцы стыр цъæх-цъæхид райсом амонды райдиан уыд. Мæ алыварс — иуцалдæр нымæ- ты. Иуæн-иутæ сæ къуыппæй баззадысты, цыма сæ бы- ны исчи тымбылтæй хуыссыд. Фæлæ æз зыдтон — аф- тид сты нымæттæ. Фиййæуттæй ацы афонмæ ничи баззайдзæн ам. Чысыл фалдæр — халагъуд. Æз æм кæ- сын. Дысоны хуызæн тæссаг нал у. Нымæт мæ риуимæ хæрдмæ-уырдыгмæ кæны. Хъарм у нымæты бын. Мæ къах мæ дзы нæ хæссы. Фæлæ худинаг у ме ’мбæлттæй. Ме ’мбæлттæ сты, уæдæ цы? Æз дæр фиййау дæн. Кæд горæты ахуыр кæнын, уæддæр сæрддæргъы ам кусдзы- нæн. Æмæ мын сæхæдæг уазæджы хатыр кæнынц, уæд сæ æфсæрмы кæнын нæ хъæуы? Нымæт иуварс аппæрстон. Уый къуыппæй аззади. Цыма йæ быны исчи æмбæхст. Стыр исчи, Теппайы йас. Æз æм февнæлдтон æмæ йæ цыппæрдигъон тыхт акодтон. Стæй райдыдтон тухын иннæ нымæтты дæр. Чъылдымырдыгæй чидæр æрбацæйцыд. Хъуысти йæ къæхты хъæр. Фидар къæхтæ, стыр къахдзæфтæ. УьпТ Теппа уыдзæн. — Лæппу, уыдон уал уадз æмæ ардæм ра~цу.— Иæ- 26
хæдæг бацыд халагъудмæ æмæ йæ дæларм саргъ ра- хаста.— Агъæца, цæмæй дæ афæрсон: гæххæтт æмæ дæм кърандас нæ разындзæн? Æз бамбæрстон, цыдæр мын кæй фыссын кæны, уый, æмæ мæхи æрцæттæ кодтон. — О, амонд дын æрхæцыд.— Йæ лæдзæг йæ дæ- ларммæ быцæугонд авæрдта æмæ йыл анцой кодта. Йæ хъуынджын æрфгуытæ хылгæнаг уасджытау сын- дæггай кæрæдзимæ бацыдысты, стæй фæстæмæ сæ бы- нæттæм куы аздæхтысты, уæд загъта: — Фысс. Колхоз «Хуры тыны» сæрдар Хъæгъæрман- мæ. Ныффыстай? Уæдæ хорз. Курдиат. Дæ бон хорз, Хъæгъæрман. Æз мæ фыссын фæуагътон. Скастæн Теппамæ, фæ- лæ мæм уый йæ хъус не ’рдардта. Æвæццæгæн, гуы- рысхо иæ кодта, курдиат æрмæст афтæ ныффыссын кæй хъæуы, ууыл. — Стыр дис мæм кæсы... — Теппа, курдиаты... Курдизт афтæ фысгæ нæу. — Уæдæ куыд фысгæ у? — Хæстæгдæр мæм æрба- лæууыд уый. Йæ куырæт, йе стырфысдзарм худ, йæ цырыхъхъытæ — иууыл кодтой сæууон æртæх æмæ ху- ры тынты ад. — Курдиаты «дæ бон хорз» нæ фæфыссынц, салам дзы нæ фæдæттынц. — Уæдæ дзы цы фæдæттынц? — Теппа йæ мидбыл- ты бахудт Хъæлдзæг, парахат мидбылхудт. Цæмæн- дæр мæм уыцы райсомы хуызæн фæкасти.— Æвзонг дæ нырма, ме ’мбал, фæлæ дæ зæрдыл бадар мæ ны- хас: «Дæ бон хорзæй» цы хъуыддаг райдайай, уый рам- булдзынæ, иннæ — нæ. «Дæ бон х’орз» кæмæн зæгъай, уый дын дæ мады нæ ралгъитдзæн. Тсппа дзырдта æнæгуырысхойæ, æмæ æз сразы дæн: фысдзынæн, цы мын дзура, уый. — Кæм æрлæууыдтæн? О, о. Стыр дис мæм кæсы уæ фиййæутты хъуыддаг. Бавдæлдысты æмæ, æндæр 27
ранмæ куы ивтой, уæд Корисы уæтæры иунæгæй ныу- уагътой. Ома, иугæр базæронд дæ, уæд нæ нал хъæ- уыс. Ныр æхсæвæй-бонæй æрдиаг кæны мардыл кæуæ- гау. Зæхх ыскъуыдтæ кæны йæ тæригъæдæй. Иуцыбыр- ныхасæй, куыд сæрдар, афтæ дын хъусын кæнын: тæк- кæ райсом æй куыддæр нæ акæной, афтæ мæ хъаст райкоммæ ахæсдзынæн. Ныффыстай? Уæдæ дзы ныр бынæй бафысс: колхоз «Хæхты цот»-ы хистæр фиййау Дзиботы Тепсарыхъо. Стæй айста гæххæтт, бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта. — О, цард дыл æрхæцыд,— загъта уæззаугай, æмæ йæ ныхасæй афтæ бамбæрстон: ныр хъуыддаг арæзт у. Уæдмæ нæ* уæлхъус æрбалæууыд Хындо. Бæрзонд, къæсхуыртæарæзт лæппу. Йæ бæх зынджытыл лæууæ- гау дыууæрдæм кодта. Тепсарыхъо йæм гæххæтт ба- дардта. Хындо йæм æрæвнæлдта, фæлæ йæм æй уый æвиппайды нæ радта. — Йæ тæригъæд, зæгъ, уæ фæдыл бафтдзæн, æмæ, зæгъ, уæ цъиузмæлæг нал ауадздзæн. Исчи ма, зæгъ, афтæ кæны, исчи?!.. Хындо ацыд. Æз бирæ фæкастæн йæ фæдыл. Хъуы- ды та Теппайы тыххæй кодтон: Корисы иунæг хатт дæр «куыдз» не схуыдта. Нæхи куитæм дæр сæ нæмттæй дзырдта. Дыккаг бон бадтæн рагъыл. Мæнæй гыццыл дæл- дæр кæрæдзи æмбуар хызтысты фыстæ. Мæ къухы уыд чиныг, фæлæ мæм кæсын нæ цыди — æгæр рæсугъд уыд дунс. Дæлиау фæлдыст суадоны рæзты уырдыгмæ фæтæс- сар кодта иу бæхджын. Иæ ф’æстæ та цыди куыдз. Æз уайтагъд базыдтон Корисы. Уый иу асæпп-сæпп кодта æмæ-иу бæхы баййæфта, фæлæ та-иу уайтагъд фæсте аззади, æмæ мæнмæ афтæ фæкаст, цыма фæсмон кодта, бæхйжынимæ кæй рацыди, ууыл...
ХÆХХОН ХЪÆУЫ Д?нæхъæн хъæуы лæппутæн мах дæлбазыр йедтæмæ мацы радтаис, цыма сын дзы мыд ныччынди: фæцыдысты — æрцыды- сты æмæ та-иу уым балæууыдысты. Къæвда уыдаид, уæддæр сæ сæ къах нæ ч хаста уырдыгæй. Сæ чъылдымтæ-иу къулмæ балхъывтой, афтæмæй-иу кæрæ- дзийы æмварс арæгъ сты. Тæдзынæг-иу сæ тæккæ раз даргъ, хæдзары дæргъæн фæд акодта, йе ’стъæлфæнтæ-иу лæппу- ты гом къæхтæм схъиудтой æмæ сыл уаллоны хуызæн къæдз-мæдзы рыгæй- дзаг фæдтæ уагътой. Къæвда куы нæ уыд, уæд та бынтон хорз: бинагхъæды бынæй цы дуртæ зынди, уыдоныл-иу сбадтысты æмæ афтæ бадтаиккой суанг хуыссынафонмæ дæр. Уыцы бон хур дæр нæ уыди æмæ къæвда дæр. Урс, фæлмæн мигътæ æнæ- мæт хъеллау кодтой, арвы цъæхыл. Ху- ры цæст нæ зынд, фæлæ цы ран и, уый зын ссарæн нæ уыд: йæ быньт мигътæ бæрæг урсдæрæй зындысты. Мах доны- былæй ссыдыстæм æмæ нæ дæлбазыр рæгъ-рæгъы рабадтыстæм. Уалынмæ Гæ- ба дæр сзынд. Гæбайы йæхи найын нæ 29
уагътой, йæ зæнгтæ рыстысты, цæугæ дæр узгæ-узгæ уы- мæн кодта. Æнæуи дæр уæзбынтæарæзт уыди Гæба. Стæй ма йæм ноджыдæр иу æгъдау уыди: сæрдыгон дын мидæгæй ницæй тыххæй бахордтаид. Кæс, æмæ та-иу уынджы балæууыди æд кæрдзын. Сæ бинонтæ-иу æй æддæмæ нæ уагътой, сывæллæттæ та, дам, дын асайдзы- сты дæ хай, фæлæ Гæба нæ саст. Ныр дæр та йæ кæр- дзын йæ дæлармæй зынди. Махмæ куы æрбахæццæ, уæд фæзылд æмæ дæлдæр хибарæй æрбадт. — Ам сбаддзынæн дзæбæх æмæ хæрдзынæн мæхи- цæн,— кæрдзынæй ныррус кодта æмæ уæззаугай æууи- лын райдыдта. Лæппутæй йæм чидæртæ къулбæрзæйтæй кастысты. Итъал æмæ йæм Гоги æфсонмæ-фсæнтты сæхи ный- истой.’Итъал йæ разы æрдзуццæг крдта, Гоги йæ фарс- мæ æрбадт. — Æццæй, Гæба, уæ Къудайæн цал къæбылайы ис? — Гогн цыма искæмæ æртхъирæнтæ кодта, уыйау йæ сæр æнкъуыста — йæ сæр хæсгардæй æлвыд ауæдз- тæ-уырынгтæ дардта. Йæ цæстытæ ныйирд сты. Итъал Гогпмæ æппындæр нæ хъуыста. Уый касти комкоммæ кæрдзынмæ æмæ-иу æй Гæба йæ дзыхмæ куы сцæпхаста, уæд та-ну уый дæр йæ дзых схæлиу код’та. . ’ — Мæнæ ма мын дзы ауылты авæр,— йæ мæллæг даргъ цонг баивæзта Итъал æмæ йæ амонæн æнгуылдз кæрдзыныл æруагъта, цыма кæуылты бацамыдта, ууыл- ты йæ лыг кæнынмæ хъавыди. Гæба æнæдзургæ æууылдта. — Æгоигæй, Гæба! — Гоги фесхъиудта, Итъалы- рдæм фездæхт.— Ды та иууыл кургæ кæныс! Уæхи кæрдзынæй цæуылнæ хæрыс?! — Махмæ кæрдзын нæй. Махмæ кас и, тæнæг кас. — Æмæ уæ касæй бахæр! — Æз кас нæ уарзын... мæнæн стонджы у. —’ О, стонджы?! — Гоги йæхи схъæргæнæг кодта. 30
Стæй та Гæбайырдæм фæзылди.— Æццæй, æртæ къæ- былайы нæй уæ куыдзæн? — Цыппар ын уыды’сты æмæ йын дзы иу амард. Хъæрæй рæйдта, рæйдта, стæй амарди,— загъта Гæба æууилгæ-æууилын, Итъалмæ бакаст.— Дзæрна дæр нæ уарзыс? — Дзæрна дæр нæ уарзын. Гæба йæ комдзаг нынныхъуырдта, йæ кæрдзынмæ æркаст. — Раттин дын дзы, фæлæ та Фари уасдзæн. - Фари йæ фыдыфсымæры ус уыди Гæбайæн. Иæхи мад царвцæгъдæны куыста æмæ-иу бон изæрмæ уым уыд. — Æгонгæй, ма йын дзы ратт. Уымæн дзы ма ратт. Уый сæ касæй бахæрдзæн,— срæуæг и Гоги.— Уымæн дзы ма ратт. Мæнæч дзы авæр. Кæй йас, уын дын загъ- тон? Афтæ ^нхъæл дæ — стыр? Нæ — гыццыл. Гæба æнкъардæй касти йæ кæрдзынмæ. — Гæба! Уæ Гæба! — сæ фæхæрдгæнæны комком- мæ суади Фари.— Кæдæм та адзæгъæл дæ, кæ? Рауай ардæм, æз дын цыхт ратдзынæн æмæ цыхтимæ бахæр- дзынæ. — Мæн цыхт нæ хъæуы. — Уæдæ дæ цы хъæуы? — Мæн хуырх хъæуы. — Рацу, хуырх дæ уыйбæрц дæр хъæуæд. Ацы хатт Фари хыл нæ кодта Гæбамæ. Гæба фæуæн- дон: — Фари, мæнæ Итъалæн стонджы у, мæ кæрдзьт- нæй ’йын авæрон? — Авæр ын дзы æмæ рацу. — Гогийæн дæр дзы авæрон, Гогийæн дæр стон- джы у. — Фæлæуу, уæдæ. Фари тагъд-тагъд æрбауад. Гæбайы кæрдзын йæ астæуыл асаста. Къæбæртæй ну йæ дæларм акодта, 31
иннæ йæ дыууæ къухæй йæ уæрагмæ æрæлхъывта, æмæ уый дыууæ дихы куы фæци, уæд сæ иу Итъалмæ радта, иннæ — Гогимæ, стæй Гæбайы къухыл ахæ- цыд. Хæст куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ бонæй-бон æн- къарддæр кодта нæ хъæу. Фæлæ махмæ, лæппутæм, хæсты кой афтæ арæх нæ уыд, арæхдæр нæм кæрдзы- ны кой уыд. Æвæццæгæн, хæсты кой æгæр раджы уы- ди махæн. Алчи-иу æппæлыди, сæ бинонтæ райсом цы бахорд- той кæнæ изæры цы хæрдзысты, уымæй. Æрмæст Итъал никуы раппæлыди. Æнкъардæй-йу хъуыста, чи цы дзырдта, уымæ. Йæ сæр-иу куы йæ иу уæхскыл акъул кодта, куы — йæ нннæ уæхскыл. Иуæй-иу хатт- иу хæринаджы коймæ йæ дзых схæлиу. Итъалæн фыд нæ уыд. Раджы амарди йæ фыд. Æз ма йæ гыццылтæ хъуыды кæнын. Зымæгон бон уыд. Хур бон. Мит цæстытигътæ иста. Лæгтæ хæрис хъæ- дæй дзуарæвæрд цырт арæзтой... Æз тæригъæд кодтон Итъалæн, æмæ-иу Дзыцца ис- куыдæй-искуыдмæ цæхæраджынтæ куы скодта, уæд-иу мæ хайæ бамбæхстон æмæ-иу æй уый фæстæ Итъалæн радтои. Цæхæраджын тынг бирæ уарзта Итъал. Ныр йæ кæрдзыныл йæ даргъ æнгуылдзтæ æрба- тыхта æмæ сæхимæ араст и. Фыццаг цыди хъуызгæ, æнкъард къахдзæфтæй, сæхимæ йæ бирæ куы нæуал хъуыд, уæд бадугъ кодта, тыргъы фæмидæг æмæ дуар рахгæдта. Гоги иу стыр комдзаг ныккодта йæ кæрдзынæй, ин- нæ йæ дзыппы атъыста, æууилгæ æрбацыд нæ цурмæ. Мах æм бадгæйæ уæлæмæ кастыстæм. — Дæ хæдзар фехæлæд, аныхъуыр æй, чъиу дын нæу, стæй йæ æууил æмæ æууил! — схъуыр-хъуыр код- та лæппутæй чидæр. Гоги йæхæдæг дæр бæргæ архайдта ныхъуырыныл, фæлæ уазал нартхоры кæрдзын хъуыры ныххизын нæ 32
куымдта. Æрæджиау æй нынныхъуырдта, йæ хъæлæ- сыдзаг сулæфыди. — Ацы Итъалы аххос уыди, уый йедтæмæ йын йæ кæрдзын иууылдæр расайдтаин. — Гоги, кæрдзын цы дзыппы уыд, уым йæ къух æртъыста. — Куыд ын æй расайдтаис? — бафарстон æз. Æцæг мæм диссаг каст: куыд ис искæй кæрдзынæн расайæн? Намæ йын æй куы расайай, уæд уый тæригъæд нæу? — Куыд ын æй расайдтаин, куы — дзæбæх! Æз Гæбайы сайын хорз зонын. Знон дзы кæйас чъири ра- сапдтон, уый уын зæгъон? Мæнæ афтæ уыйас,— Гоги йæ æрмттæ фæфæлдæхта æмæ сæ кæрæдзимæ бангом кодта, стæй- йæ къухтæ дæр нæма æруагъта, афтæмæй загъта: — Цомут, уæртæ комы сæнчытæ фæхæрæм. Хин уыди Гоги, фæлæ йын æз йæ фæнд бамбæрс- тон: коммæ к^ы ацæуæм, уæд уым йæ кæрдзын йæхæ- дæг ахæрдзæн — иннæтæ дæр æууилдзысты, уый дæр æууилдзæн. Куы нæ ацæуæм, уæд та ацу æмæ иунæгæй хæр... Сæнчыты коймæ лæппутæ базмæлыдысты, кæрæдзи- йы фарстой, кæрæдзимæ дзырдтой: — Цом? — Хæрынкъа дæм ис? — Кард рахæссон? Гоги йæхицæй фæбузныг. Иæ сæр æнкъуыста, аф- тæмæй дзырдта: — Кард уæ цæмæн хъæуы? Уаргæ мын кæнут, уый йедтæмæ сæ тонын мæ бар уадзут. Æз сæнк тонын хорз* зонын. Афтæ йæ куы ратъæпп кæнын, уæд йæ тæккæ рæбыныл сыскъуийы. — Гоги йæ къухтæ размæ адард- та æмæ сæ исты ивазæгау фæстæмæ рариуыгъта.— Сырх сæнк... Дзургæ-дзурын, хæдзæртты астæу цы уæзæггонд Уыд, уырдæм рахæццæ стæм. Уыцы рæстæджы Гæбаты Къуда æмбонды сæрты йæхи рахста æмæ бынтондæр бацъæх фыррæйдæй. йæ къæбылатæ æмбонды онг йæ Хурв*ндаг 33
фæдыл рабырыдысты æмæ уым хъист-хъист кодтой. Мах æмбонды сæрты кастыстæм къæбылатæм. Сæ сæр- тæ — стыртæ, сæ къæдзилтæ — уæлæмæ хъил.- Уæдмæ хъæуы куитæ иууылдæр ныффæдис сты Къудайы рæйд- мæ. Дæле, кау фæндагмæ гуыбынау кæм рацыд, ууыл- ты сындæггай сцæйцыди иу æнахуыр лæг: йæ æфсæд- дон хæдон æмæ йын хæлаф афтæ стыртæ уыдысты, раст цыма уæлыгæс лæппу йæ фыдыуæттæ скодта. Хæ- донæн йе ’гънæджытæй иу дæр ма рафтау, афтæмæй йыл схæц, сывæллоны хæдоныл куыд схæцынц, афтæ — сæрæй фелвæстаид. Лæгæн йæ гыццыл бур сæрыл уыд бур кепкæ, æртæтигъон гæппæлтæй хуыд чи вæййы æмæ йæ тæккæ астæу цæппæры хуызæн кæмæн вæййы, ахæм тымбыл кепкæ. Цæугæ та кодта, цырыхъхъытæ йæ зæвæттæ кæмæн бавдæрзынц, ахæм лæджы цыд, фæлæ ууыл цырыхъхъытæ нæ уыд, уыди йыл гуырдзи- аг хъусджын дзабыртæ. Йæ къухы лæдзæджы бæсты хаста берданкæ. (Чи зоны, берданкæ нæ уыд, фæлæ мах уæд цыфæндыхуызон мигæнæн дæр берданкæ хуыд- там.) Берданкæ — æфсæйнагæй, хъæдæй — цæст дзы кæдæм нæ фæкомкоммæ уыдаид — æрттывтытæ калдта. Куиты фыццаг ницæмæ дардта, фæлæ уыдон æгæр куы сбирæ сты, æгæр куы силлæг сты йæ алыварс, уæд та-иу йæ цæуынæй фæлæууыд æмæ-иу сæм берданкæ- йæ бавзыста лæдзæджы хуызæн. Уалынмæ йыл Гæба- ты Къуда фæстæты йæхи баскъæрдта. Лæг хæрдмæ фæ- хауд, иуварс асæррæтт ласта, стæй куыдзыл йæхи ба- уагъта. Куыдз удаистæй лидзыныл фæци. Лæг, нæ йæ баййафдзæн, уый куы базыдта, уæд æм берданкæ фæ- царæзта æмæ — дæнг! Куитæ хъыллистытæгæнгæ фæй- нæрдæм сæхи аппæрстой, сæ къæдзилтæ сæ сагæхты фæцавтой, афтæмæй. Къуда нæ фæцæф — нæмыг скъæ- ты бинаг хъæды афардæг. Уый фæстæ-иу æмбырдтæ кодтам уыцы ранмæ æмæ-иу кастыстæм, нæмыг кæм сæмбæлд уырдæм: цыма дзы исчи зæгæл бакъуырдта, 34
стæй йæ фæстæмæ рафтыдта, уый хуызæнæй-баззад. Уыцы бон та ууыл нал уыдыстæм. Хæдзæрттæй ракал- дысты устытæ, æмæ хъæу схæрхæцъа: чи æлгъитгæ код- та, чи — хыл, чи та йæ сывæллоны агуырдта. Уыцы иу- нæг гæрах сызмæлын кодта æгас хъæу. Фæлæ лæг уæл- дай каст дæр никæмæ фæкодта, ссыди уæзæгмæ — гæрахы фæстæ йæ къахдзæф бæрæг фæфидардæр, цыма йын йæхи дæр раст хъал ракодта уыцы гæрах. Уым æр- хуыссыд, стæй берданкæ йæ хъæбысы æрбакодта, йæ къухтæ æмæ йыл йæ къæхтæ æрбатыхта æмæ уайтагъд афынæй. Устытæ йæм бирæ фæкастысты тарст æмæ æвæрæ- зæй, стæй сын Гогийы мад Болатон бакой кодта: — Цомут-ма, Гадзейы дзы афæрсæм, уый йын ма- цы зона — нæ мæ уырны. Устытæм хорз фæкаст Болатоны фæнд — сæ сæр- тæ батылдтдй, базмæлыдысты, фæцырддзаст сты. — Уæдæ, уæдæ!.. — Гадзе бындары лæг у! — Мæ уд акæ! — Цомут-ма, уæ мæрдтыстæн. Гадзе Германы хæстæй, фыццаг хæстæй, æнæ- къахæй æрыздæхт. Цыди, дæларммæ кæй саразынц, ахæм лæдзджыты æнцой. Цастæ хъуамæ цардаид хохаг уавæрты иукъахыг лæг? Уæддæр-иу йæ дæрдджын фæсмын хæдон æмæ хæлаф куы æрбакодта, йæ цы- рыхъхъ-иу—алыхатт æй æмпъузгæ кодта, æмæ йыл ныр иу æмпъузæн иннæмæ æххæссын райдыдта — кар- чы фиу кæнæ æндæр исты сойæ куы байсæрста; йæ кæрæттæ кæмæн баихсыдысты, æмæ цы нарæг уыд, уы- мæй ноджы чи снарæгдæр, уыцы уæлдзарм худ-иу йæ сæрыл куы ’рсагъта æмæ-иу уынгты уыцы хиуылхæц- гæ цыд куы рацæйкодта, уæд æм адæймаг кæсгæйæ æнæ баззайгæ нæ фæуыдаид. Гæнæн ын фæци, уæд-иу йæхицæй дæр аппæлыди Гадзе. 35
Хæстæй йемæ æрхаста биноклтæ, æмæ æнæхъæн хъæуы- лæппутæ уыдоны мæтæй хуыссын нæ фæрæзтой. Ноджы-иу сæ йæхæдæг сдиссаг кодта. Иухатт æм мæ- хæдæг хъуыстон. Дано æмæ Пъырысы цур бадти мах дæлбазыр æмæ сын дзырдта: — Абон мæ биноклтæй кастæн æмæ уалæ Лæзгъæ- ры бын, Цъуйджын æрдуз кæй хонынц, уым æртæ лæ- джы федтон, лыгъд чи у, ахæмтæ, дизентиртæ. Мæнæ сымахмæ куыд кæсын, афтæ сæм кастæн. Арты фарс- мæ бадтысты. Ехх, зæгъын, бирæ нæ фæлæ гъеныр иу сæрæн бæхы хицау ма фест! Уыдоны уæлхъус ма æрба- лæуу æмæ сæ афтæ ма бафæрс, ам цы ми кæнут, агъæ- ца? Стæй сыл дæ разæй рахъæр кæн æмæ сын кæм æмбæлы, уым сæ балæууын кæн. Уæдæ дæ мæлæт хуыз- дæр нæу —хæстæй фæтæрс!.. Хъæуы лæппутæ дыууæ дихы фесты: биноклтæй чи акаст, уыдон, æмæ сæ чи нæма акаст, уыдтон. Бинокл- тæй чи акаст, уыдон иннæтимæ тынг нæ хæццæ кодтой, цæугæ дæр фылдæр хицæнæй кодтой æмæ-иу кæрæдзийы дзыхæй дзырд истой, афтæмæй дзырдтой, биноклтæй куы акастысты, уæд цы федтой, уыцы диссæгтæ. Лæгæй та ахæм лæг нæ уыд Гадзе, æмæ гыццыл ис- тæй тыххæй йæ биноклтæ искæмæ чи авæрдтаид. Уы- цы сæрд сæ æрмæст дыууæ хатты рахаста лæппутæм: колхозы швицаг богъ сын сæ фæскъулæй сæ мæкъуыл куы фæтылдта, уæд — далæ лæнчы бамидæг и мæ- къуыл —æмæ, сæ дзæргъ æддæ куы ныззад, уæд. Сепе æмæ йæ Къоли бон-изæрмæ куы фæцагуырдтой, стæй йæ хуыссынафон кæцæйдæр куы æрыскъæрдтой æд хъыбылтæ. Науæд Серойтæ уыцы хæрды холлаг æргъо- мæй куы фентъыхтой! Цæргæ хъæуы сæр кодта Гадзе. Иæ хæдзар, нæ хъæ- уы фылдæр куыд арæзтой, афтæ — дыууæуæладзыг. Бинаг — сисамад, йæ фæстаг къул зæххы бын, уæл- лаг — хъæдынкъул, æлхынцъфисын. Гадзе раст йæхæ- 36
дæг куыд хиуылæрвæсгæ вæййы, афтæ йæ хæдзар дæр бæрзондæй касти хъæуырдæм. Сылгонмæгтæ йæм куы фæфæдис сты, уæд йæ би- ноклтæ тыргъмæ рахæссын кодта æмæ уырдыгæй би- рæ фæкасти æнахуыр лæгмæ. Стæй биноклтæ йе ’фцæ- гыл æрцауыгъта æмæ уæззаугай, даргъ гæппытæгæнгæ æрцыди, лæг кæм хуыссыди, уырдæм. Р1æ алыварс иу зылд æркодта, стæй йын цыма йæ къам иста, уыйау æм йæ биноклтæй бирæ фæкаст. Сылгоймæгтæ æнæ сы- бырттæй йæ фæдыл цыдысты. — Уыдонæй у,— йæ сæр батылдта æрæджиау Га- дзе.— Дизентир! * ’ Сылгоймæгтæн иуварс ацамыдта, йæхæдæг дæр ацыд семæ. — Ай дизентир чи у, ахæм у. Хæдзармæ йæ мачи бауадза—’зекъуци ныл æрбаддзысты, æмæ алкæмæн йæхицæн куы ницы ис бахæрынмæ. Сылгоймæгтæ тынг стыхстысты. Кæрæдзимæ ракæс- бакæсыл сысты. Гадзе сын ныфсытæ авæрдта: — Тæрсгæ ма кæнут, мæнæ куы райхъал уа, уæд ма æз йемæ аныхас кæндзынæн. — Уырыссаг у, уырыссаг, сау бон ыл акæна! — чи- дæр ныууынæргъыдта устытæй. — Уæ, йæ бинонтæ амæла, æмæ æндæр ницы, фæлæ та уырыссагау дæр нал зонын! Сылгоймæгтæ Гогиты дуарбахизæны Болатоныл æр- тымбыл сты, лæджырдæм фæкæс-фæкæс кодтой, афтæ- мæй цыдæртæ дзырдтой. Гадзе иуырдæм акаст, иннæ- рдæм акаст, йæ биноклтæм йæ къух æрхаста, фæлæ уыцы рæстæджы йæ цæст æрхæцыд Данойыл — уый тынг ныггуыбыр, афтæмæй дзоныгъхъусы тъæпæн амадта. Дыууæ-æртæ цæфы-иу æркодта йæ фæрæтæй, стæй та-иу фæлæууыд æмæ, хæдоны æдде йе уæхсчы- тыл цы къандзолгонд уæлæфтау уыд, ууыл уæлæмæ схæцыд. 37
Сылгойм’æгтæ ма иучысыл аралæуу-балæуу кодтой, стæй лæгтырдæм араст сты. Мах дæр ма уым цы арæз- таиккам — иугай-дыгай Даноты фæскъулмæ байстам нæхи. Болатоны дзургæ баййæфтам. ■ — Гъомæ ныр кæд хæстæй нæ ралыгъди, йед нæу... цы йæ схуыдтай, Гадзе? — Дизентир? — хъæрæй загъта Гадзе. — Гъо, гъо! — Дизентир. Кæд дизентир нæу, уæд ма нæ йæ тæригъæд цæрын ныууадздзæн ацы уæзæ- гыл? — Сыбыртт дæр нæ хъæуы, куыд дæумæ кæсын, аф- тæ — дизентир.— Гадзе йæ къух батымбыл кодта, æмæ йæ æртхъирæнгæнæгау фæриуыгъта.— Гъæ, йæ бинон- тæ амæла, æндæр ницы фæлæ та дизентир дæр нал зо- нын! Дано æдзæмæй бадт, стæй йæ æрмтты дзыхъхъытæ йæ уæрджыты къоппатыл æрæвæрдта, афтæмæй зæхмæ кæсгæйæ загъта: — Гадзе, мæ хур акæнай, дизентир нæ фæлæ кæд абырæг у, уæддæр махмæ æрæфтыд, æмæ йын хъуамæ йæ разы цæхх æмæ кæрдзын æрæвæрæм. Афтæ у ма- хæн не ’гъдау, нæ фыдæлты æгъдау. — Æмæ йæм хонæг арвыстам?! — фæхъæр ласта сылгоймæгты астæуæй Фари.— Стæй нæм зекъуци куы æрцæуой, уæд та? Нæ куыдзы дæр ма нын фæцæймард- та. Йæ зæрдæйы ацæуæд уыцы нæмыг! — Фаримæ фæй- нæрдыгæй амыдтой, ома, банцай, лæгтæй худинаг у, фæлæ уый нал сабыр кодта.— Гъы, систа мын гæрæхтæ кæнын! Уымæн йæ мигæнæн йæ къухтæй стон æмæ йын дзы йæ синтæн иу ныууæлæ кæ^! Хур фæцæйныгуылд, æмæ рагъыл цы бæлæстæ уыд, уыдон сæрвасæны дæндæгты хуызæн зындысты. Сылгоймæгтæ фæсабыр сты. Мах Гадземæ хæстæг- дæр байстам нæхи. Биноклтæ нæм йæ фæдджийæ кас- 38
тысты сæ дыууæ сау тымбыл цæстæй. Гадзе сæм йæ арм æруагъта. — Ей, быццеутæ,— арæх-иу нæм дзырдта афтæ.— Суадонæй уæ иу дурыны дзаг чи тагъддæр сдавдзæн? Тынг сдойны дæн. Мах æддæг-мидæг фестæм. Алкæй дæр фæндыди- суадонмæ азгъорын.— Гадзе кæд æцæг тынг сдойны, уæд, цы нæ вæййы, чи зоны, йæ биноклтæ авæра дон- хæссæггаг. — Æз сдавдзынæн! — Æз! — Æз... — Алæ, æмæ ды кæд уыдзынæ, уæдмæ хъуамæ Га- дзе ам дойныйæ мæла! — Æз дын сдавон, Гадзе? — Æмæ сымахмæ дурын дæр куы нæ и! — Æмæ йын авджы схæсдзынæн! Гадзе йæ биноклтæ бынтондæр бамбæрзта йæ ар- мæй. Хъал худт кодта. Разæй йæ уæллаг æфсæрыл цы дыууæ стыр æрттиваг дæндаджы уыди, уыдон-иу бын- тондæр бинаг былы æдде фесты. — Æнæуи дæр афтæ æнæзивæг куы уаиккат! Уыцы рæстæджы байгом и Тадиозты дуар æмæ дзы рахызти Зæлда — Тадиозы ус. Рахызти цыдæрхуызон æфсæрмыгæнгæ, мæнæ ног чындз дыккаг бон уынгмæ куыд æфсæрмыгæнгæ рахизы, афтæ. Æвæццæгæн, ис- тæуыл сагъæс кодта — йæ даргъ æрфгуытæ уыдысты къæлæтгонд таст, афтæмæй цы уыдысты, уымæй цыма ноджы даргъдæр фесты. Зæлда касти йæ къæхты бын- мæ, цыди арæхстгай. Иæ сау дзыккуты ставд быд æр- зынди, йæ сæр æмæ йæ фæсонтыл цы тæнæг кæлмæр- зæн уыд, уый бынæй. Зæлда комкоммæ бацыд лæгмæ, йæ уæлхъус уыр- дыг алæууыд æмæ йæм цыдæр сдзырдта. Уый йæ мид- бынат хæрдмæ фæхауд, йæ берданкæмæ фæлæбурдта, 39
стæй сындæггай йæ къæхтæ адаргъ кодта, йе уæнгтæ аивæзта. Зæлда та йæм цыдæр сдзырдта. Лæг рабадти, æмæ араст сты — разæй Зæлда^цыди арæхстгай, цыма йыл адæмы цæстæнгасæй зынг сирвæзти, судзы йæхимидæг, сусæг. сыгъд, фæлæ ма’ мæнæ иу къахдзæф, дыууæ, уæд ныггуыпп ласдзæн æмæ цы у, уымæй арты тъы- фыл фестдзæн. Зæлда сæ дуар бакодта, исдуг фæлæу- уыд, æвæццæгæн, лæджы разæй бауадзынмæ хъавыд, фæлæ — нæй, нал бафæрæзта адæмы цæстæнгас æмæ разæй йæхæдæг фæмидæг. Иууылдæр — лæгæй, усæй, сывæллонæй — цавддур- тау фесты. Тадиозты дуармæ кæсгæйæ баззадысты, тас æмæ маст нындзыг сты сæ цæсгæмттыл. Æрæдж’иау Дано йæ къух хæрдмæ систа æмæ йæ мæсты уагъд æр- кодта йæ уæрагмæ. Уæд Фари базмæлыд, устытæм йæ- хи баивæзтытæ к’одта. — Гъæ, дæ цæсгом дыл куыд æрлæбырд, æмæ дын цæгатырдыгæй «мæн у» зæгъæг куыд нал баззад, гъе! Уæдæ ма искуы ахæм диссаг æрцыдис — иунæг уды къоппайæ цæрай, æмæ бон-сихорафон искæй лæджы дæхи къахæй дæ хæдзармæ бакæнай! — Фари та сы’л- гоймæгты цæсгæмттæм ’бадзагъултæ кодта, фæлæ уы- дон раздæрау уыдысты æнæзмæлгæ — æндзыг, æмæ та уæд йæхи хъæр райхъуыст. — Уый та уын уæ хорз Зæлда! Афтæ-иу куы фæкодтат: Зæлда хæрззонд у, Зæлда нæртон у, Зæлда афтæ у, Зæлда уфтæ у!.. Гъа> уый та уын Зæлда! Фæлæ устытæй уæддæр ничи ницы загъта — дзурын нæма сфæрæзтой, æви цы уыди. Йæхæдæг та йæхи ба- уыгъта: — Мæнæ нæ хуыцау куыд ралгъыста, гъе! Цом-ма, бацæуæм æм æмæ йын йæ дзыккутæ йæ къухы авæ- рæм. — Фæлæуу-ма, Фари, гыццыл дæхиуыл фæхæц,—йæ æрмттæ йыл фæтынг кодта Болатон, стæй Гадземæ аз- 40
дæхта йе ’ргом.— Ныр цы уыдзыстæм, зекъуци нæм не ’рбаддзæн? — Зекъуци дæр нæм æрбаддзæн æмæ алцы дæр. Фæлæ ма ам ноджыдæр иу хъуыддаг ис. Цы ма дзы ис, уый зонут? Уый ма дзы ис, æмæ куыддæр ацы ха- бар Тадиозы командирмæ фехъуыса, афтæ йæ ивар- гонд батальоны бамидæг кæндзæн. Ома, афтæ æмæ аф- тæ, дизентир дæ хæдзары цы агуырдта? Æмæ уыцы батальон цы у, уый зонут? Гъæ, мæ сау туг ныккæла!.. Уæд бабын и Тадиоз! Сылгоймæгтæ иууылдæр Гадзейырдæм аздæхты- сты. — Дудгæ бадай, Тадиоз! — загъта хъæрæй Фари. Дыккаг бон, хур куыддæр йæ был сдардта, афтæ хъæуы фæсте къахылдзæуæг нал баззад—æрæмбырд сты ДанотьКразмæ. Устытæй бирæты хъæбысы уыди сывæллæттæ. Лæппутæ хицæнæй бакъорд сты. Гæба — сæ кæрон. Йæ къухы лауызы æрдæг, фæлæ дзы хæргæ нæ кодта, хæцыди йыл æмæ æнкъардæй устытæм каст. Чысыл фæстæдæр рацыди Дано йæхæдæг дæр. Дзоны- гъыхъус амайæн къуыдырмæ баласта, фæлæ амайын нæ райдыдта, фæрæт ыл бахъил кодта æмæ къуыды- рыл æнкъардæй æрбадт, стыр фыдбылыз ыл кæй æр- цæудзæн, уый развæлгъау чи базоны, ахæм лæджы хуызæн. — Гъе-гъе! Лæгæн цæрын куы бацайдагъ вæййы, уæд ахæм дудгæбæттæ æрæййæфы, гъе! — æрæджиау ныуулæфыд Дано. — Ницы нæ бон у, Дано. Гъеныр сылгоймаг йæхæ- дæг куы нæ уыдаид гæнæг, уæд ын цы хъæуы, уый бæр- гæ базонин. Уый хуызæтты фаг суыдаин нырма! — йæ лæдзæгæй зæхх æрриуыгъта Гадзе. Мæнмæ хъыг кастысты Гадзе æмæ Фарийы ныхæс- тæ. Хъыг мæм каст, ам кæй æрæмбырд сты, уый дæр. Уæд æз уыдтæн, лæппумæ рæсугъд сылгоймаджы уынд æхсызгон кæсын куы райдайы, уыцы кары. Æмæ-иу 41
Зæлда æдде куы фæзынди, уæд-иу æм дардæй кастæн æмæ кастæн. — Гъомæ æддæмæ дæр нал кæсынц! — Фари цæх- гæр фæзылд тæргайгæнæгау.— Агъæц, рацæуа, а чызг ын дыууæ ныхасы зæгъдзæн. . Гадзе йæм хæрдмæ скасти. — Ныхæстæ дыууæ нæ — дæс дæр зæгъ, фæлæ уæ иу хъуыддагæй фæдзæхсын, афтæ уæ фæдзæхсын, æмæ Тадиоз сыбыртт куыд нæ фехъуса, сыбыртт! Хæсты лæгæн. уый куыд зын у, уый зонут?! Уыцы рæстæджы Тадиозты дуар байгом æмæ иу- дзæвгар афтæ гомæй фæци, стæй дзы кæрæдзийы фæ- дыл рахызтысты æртæйæ: Тадиоз йæхæдæг, дысоны лæг æмæ Зæлда. Тадиоз бахудти, цыма искæй фæзмыд- та, ахæм худт — йæхи худты хуызæн æппындæр нæ уыд. — Хæрзаг дис кæнут, ам кæй дæн, ууыл.— Дано æмæ Гадзейы раз тæфæрфæсгæнæджы лæуд æркодта, йæ цæнгтæ ауыгъдæй баззадысты, æнгуылдзтæ сæхими- дæг змæлыдысты.— Цы бакæнон, хуыздæр гæнæн нæ уыд. Мæ азым мæхимæ райсдзынæн. Зæлда устыты ’хсæн æрбайсæфт. Тадиоз æмæ уыцы лæг адæмæй фæхицæн сты. Лæг бынтондæр йæ хуыз скалдта. Йæ хæлаф æмæ йæ хæдон — ног æхсад, йæ къæхтыл — нæхимæ хохаг фæсмын цъындатæ æмæ хæ- цъил дзабыртæ. Тадиозæн йæхи къæхтыл чи и, раст ахæмтæ, æвæццæгæн, ын сæ дысон Зæлда бахуыдта. Ныр цыди фидар, хъæддых къахдзæфтæй, стæй ма но- джы цыдæр уыди йæ къахдзæфы. Цыма йæ къæхты ми- дæгæй гæдыйы къæхтау ныхтæ æмбæхст уыд, æмæ, зæ- гъæм, фæндаг йæ разы æвиппайды ахъаззаг фæкъул и, уæддæр нæ фæбырыдаид, нæ ахаудаид, афтæ зын- ди. ...Уыцы хабар цыма раджы нæ, фæлæ нымадæй цал- дæр боны размæ æрцыд, афтæ сыгъдæгæй æрлæууыд ныр мæ зæрдыл. Æз бадтæн къуыппыл, дымгæ баны- 4?
дзæвæны, кæддæр Гæбаты мус кæм арæзт уыд, уыцы тæккæ ран. Нæ хъæу, æз æй куыдæй хъуыды кодтон, уал азы йæ мæ зæрдæйы къуымы цы хуызæнæй фæхас- тон, афтæ æппындæр нал уыд. Æвæццæгæн мæ æгæр адард и. ДиЬсаг! Æз ууыл хъуыды кодтон, æз уый мы- сыдтæн, æз уый уынынмæ бæллыдтæн, уый та дарддæ- рæй-дарддæр кодта мæнæй!.. Нæ хæдзарæн йæ фæд дæр нал баззад, чидæр æй балхæдта, систа йын йæ хъуариоæр, райхæлдта йын йæ сывылдз къултæ æмæ йæ аласта. Афонмæ дзы кæм- дæр æндæр бинонтæ цæрынц. Мæнæ ам йæ къуымы уыди нæ арынг, æз-иу ын йæ сæрыл ме уæхскæй схæ- цыдтæ^ æмæ-иу дзы мæ къух атъыстон... Ныр хæдзары бынат футæг бæрзонд фæцыд. Хъал- бын у æмæ... Мысинæгтæй иу иннæйы ивта, афтæмæй бадтæн æмæ фæйнæрдæм фæлгæсыдтæн. Далæ Стырхъæуы сæрмæ хæдзæртты фæздæг цъæх мигъау æрбадт, æвæц- цæгæн, хæдзары æфсинтæ куыстæй æрцыдысты æмæ æртдзых бакодтой... Тæккæ хосгæрдæнтæ у æмæ уд- исынмæ дæр никæй æвдæлы. Ныр мах хъæу, стæй но- джы нæ алыварс цы чысыл хъæутæ ис — æдæппæтæй иу фарасты бæрц—уыдон баиу кодтой æмæ совхоз са- рæзтой. Стурвосдарæн совхоз... ■ Хъом сæрвæтæй куы здæхтысты, уыцы афон кæцæй- дæр бæхыл фæзынди Итъал. Кас дæр чи нæ уарзта æмæ дзæрна дæр,— мæ зæрдыл, дам, абадынц. Мæл- лæг Итъал, сидзæр Итъал. Совхозы хайады хицауæй куыста ныр Итъал. Тынг нæ сырæзти нæдæр дæргъмæ, нæдæр уæрхмæ. Ивгæ дæр тынг нæ акодта: даргъ цæс- гом, даргъгомау роцъо. Æмбаргæ цæстытæ. Бадтыстæм дыууæйæ. Дзуринаг нæм бирæ уыд, фæр- синаг — ноджы фылдæр, фæлæ нын ницы бæрæг æн- тыст. Æрæджиау Итъал йæ роцъо йæ армы бакодта æмæ цыма йæхицæн дзырдта, уыйау ныллæг хъæлæсæй загъта: 43
— Нæ цæуы стурвосы хъуыддаг дæр. Нæ/ цæуы. Зымæг — даргъ, сæрд — цыбыр, сæрвæт — бирæ, уы- гæрдæн—къаддæр. Нæ сæрвæтты цы фос фаехиза, уы- донæн зымæг сæ цыппæрæм хай дæр нæу нæ бон схæс- сын. Æнæуи — дард, фæндæгтæ — æвзæр. Бафæлвар ма холлæгтæ ласын, кæддæра туджы аргъ не/сыстиккой де ’хсыр æмæ дæ дзидза! Æндæр исты хъæуы.— Иучысыл æнæдзургæйæ абадти, стæй мæм комкоммæ æрбакаст.— Диссаг нæу?! Горæттæ рæзынц, быдираг хъæутæ рæ- зынц, хохаг хъæутæ та бонæй-бон кадавармæ цæуынц. Знон дæр ма цæрджытæ кæм уыд, абон бацу уыцы хæ- дзармæ, йæ дуар ын бахой — ничи дын æй бакæндзæн. Цæрæг дзы нал и. Ацыдысты, кæстæртæ — иуырдæм, хистæртæ— иннæрдæм... Мæнæн уыцы ныхæстæй ме уæнгтæ æрызгъæлды- сты, Фæтарстæн, цыма мын цæмæйдæр тынг тас уыди, ныронг æмбаргæ дæр кæй нæ кодтон, ахæм цæмæйдæр. Итъалмæ бакастæн. — Уæдæ куыд æнхъæл дæ?! Ардыгæй æппынæдзух куы лидзой, ардæм та æппындæр куы ничи лидза, уæд æдзæрæгмæ нæ цæуы хъуыддаг? Дæле къуыбырыл ронбастау цы къахвæндаг уыд, ууыл æрбацæйцыдысты дыууæйæ: фидæрттæарæзт лæп- пу-лæг æмæ бæрзондгомау сылгоймаг. Нæлгоймаг йе уæхскыл хаста фа^рæт, сылгоймаджы къухы та урс хæ- цъилбаст хæссинаг уыд. — Зæлдайы нал хъуыды кæныс? — бафарста Итъал æмæ мæм йе уæхсчы сæрты æрбакаст. Æмæ уыцы уысм мæ цæстытыл ауади: йе ’рфгуытæ уæлиау систой сæхи — тасæй æви æфсармæй, уый бæ- рæг нæу — афтæмæй йæ къæхтыбынмæ кæсгæ фæцæуы уынджы сæхирдæм, йæ сæр æмæ йе уæнтыл цы тæна.т кæлмæрзæн и, уый бынæй зыны уæгъд калд дзыккуты пух кæрон. Зæлдайы фæстæ та фæцæуы дард ранæй æрæфтæг бæлццон, йæ къухы берданкæ, йæ к.ъæхтæ исы арæхстгай, цыма.йын йæ зæвæттæ цырыхъхъытæ 44
бафхæрдтой, афтæмæй йыл цырыхъхъытæ дæр нæй, фæлæ хъусджьш резинæ дзабыртæ. — Тадиозы усæй зæгъыс? — фæрсын æз æмæ кæсын Итъалмæ. \ — Далæ\фæцæуы.— Иæ къухæй ацамыдта цæуджы- тæм.— Уый та йæ фырт у Тадиозæн. Гъей, Саби! Ауыл- ты рацæут, ма^рæ нæм уазæг и. Лæппу æмабу сылгоймаг фæлæууыдысты, скастысты нæм, стæй фæха&рд кодтой. "’ — Итъал, æмæ йæ афтæ та цæмæн хоныс? — Куыд? — Саби йæ цæмæн хоныс? Итъал мæм æдзынæг æрбакаст, йе ’рфгуытæ фел- хынцъ^сты. — Æмæ йæ иууылдæр афтæ куы хонынц. Ие ’ннæ ном ын зонгæ дæр ничи кæны. Фæлæуу-ма, цы хуынди? Ахæм цыдæр хуынди, ахæм... — Гъомæ йæ афтæ цæмæн хонынц? Итъал фыццаг уырдыгмæ ныккасти, стæй та мæн- мæ æрбакаст, йæ рахиз арм цалдæр хатты фæд-фæдыл хæрдмæ сæппæрста, сагойæ хъæмп куы фæцæгъдынц, уæд уый куыд сыппар-сыппар фæкæнынц, афтæ. — Тадиоз куы цыд, уыцы ра^йсом ма хъуыды кæ- ныс? — Куыд нæ йæ хъуыды кæнын! — цыдæр æхсызгон мын уыд, уыцы райсом мæ зæрдыл кæй æрбалæууыд, уый. — Уæд, дам, йæхæдæг загъта Тадиоз Зæлдайæн, саби, дам, дæ фæдзæхст. Сылгоймæгтæ йæ афтæтæ дзырдтой. Куы райгуырди, уæд æм Зæлда дæр æндæр номæй нал сдзырдта. Фысгæ æндæр куыддæр кæ- ны... Уæдмæ уыдон нæ цурмæ схæццæ сты. Итъал рог фестади, фæлæ мæнæн мæ бон не сси сыстын: фыццаг мæ сæры астæу барызти æмæ сæрыхъуын арц сбадти, стæй мæ сæрæй цыдæр ацыди дыз-дызгæнгæ суанг мæ 45
къæхтæм æмæ мæ уæлфæдтæ сæ ризынæй нал^æнцады- сты. Диссаг, стыр диссаг! Æз Сабийы нæ зыдъбн, никуы йæ федтон. Æмæ йæм ныр куы скастæн, дад федтон Тадиозы: асæй дæр, хуызæй дæр. Мæ зæрдал ма лæу- уыд, уыцы райсом сæ хæдзарæй куыд рацæйцыд, афтæ- мæй — чысыл гуыбыргомау. Æндæр йæ цæсгом цы хуызæн уыд, уый нал хъуыды кодтон. Ныр федтон Та- диозы — йæ фæтæн ных, йæ размæвæ/д уадулы хъæ- бæртæ, йæ тымбылгомау фидар роцъо — федтон æй æмæ йæ æрхъуыды кодтон. Итъал сын сæ къухтæ райста, æз дæр рабадтæн Са- бийы руаджы: йæ къух мæм куы æрдардта, уæд ыл фæхæцыдтæн æмæ мæ къæхтыл алæууыдтæн. — Кæм’дæ, кæ, хъæды бацардтæ? — йæ арм Саби- йырдæм фæриуыгъта Итъал. Саби бахудти. — Æмæ хъæды æвзæр куы уаид, уæд булæмæргъ уым цæрид. Зæлда йæ тыхтон нæ разы нæууыл æрæвæрдта, йæ баст ын айхæлдта. — Хъоппæджытæ ахæрут. Кæдæй нырмæ нал федтон æз уыгæрдæны хъоппæг! Къаннæггомау цъæх джитърийы хуызæн, афад æй æмæ къуындæг даргъ хатæнгæндты — æнгом æвæрд æппы- тæ. Хистæр æнгуылдз сыл рауадз, æмæ армы аззайынц. Цы адджын-иу уыдысты! Никуы сыл фембæлдтæн уæ- дæй нырмæ — диссаг: куыд никуы зайынц ам, нæхи хæхбæсты йедтæмæ? Ам та кæм бацæуай — хъоппæг. Ахæм рæттæм бахаудзынæ, ,æмæ уыцы иу хъæдыл дæс- дыууадæс хъоппæджы дæр вæййы. Саби Зæлдамæ бакасти, бахудызмæл. — Кæмдæр та уазæгæн фыццаг кæрдотæ куы æрæ- вæ^ынц, нæ? — Уазæг — хуыцауы уазæг.—Зæлда бахудт, цæуыл- дæр фæтыхсти, йæ къух сабыргай йæ сæрмæ схаста, æнгуылдзтæ дзыккуты пухы амбæхстысты. 46
— Æз уазæг нæ дæн,— загътон æз, æмæ цæмæндæр фефсæр^пы дæн. — УгЦег дæр нæу, фæлæ уазæг дæр у,— загъта Итъал дæр^ хъоппæг йæ астæуыл æрфаста, йæ тъæпæн æртæтигъончзылд æппытæ йын йæ армыдзыхъхъы ам- бырд кодта\ æмæ сæ йæ дзыхы бакалдта.— Нал æй хъуыды кæны\, Зæлда? Зæлда та жем æрбакаст йæ сыгъдæг цæстытæй, Итъал ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæм Зæлда йæ къухтæ фæдардта, цыма йын исты æвæччиаг ныхас зæгъынæй шæтарст. — Мартайы ла&ппу ма уæд — Сæрæби! — стæй кæс- гæ дæр никæмæуа^ фæкодта, афтæмæй йæ ныхас даргъ ауагъта: — Мæ-æна^ ма-а Ма-артайы лæ-ппу-у.— Зæл- да мын^ногæй мæ ^ъух райста, йæ дæллагхъуырмæ йæ схаста æмæ йыл й^ ’ннæ къух дæр æрæвæрдта, афтæ алæууыд æмæ .ма тæригъæдгæнæджы хъæлæсыуагæй загъта:—Цы ’мбаргæ, цы ’нæзивæг лæппу уыди!.. Лæууыдыстæм æмæ хъоппæджытæ хордтам. — Итъал, уазæджы та иууыл дæхи ма бакæн, дæу- мæ ахæм митæ вæййы,— Саби цæра, иннæ хæттытау дын хатыр нæ уыдзæн: ацы хатт иумæйаг уазæг у. Цом уал, Саби, мах арт скæнæм, нæ хъугмæ дæр æркæ- сæм.— Зæлда зæххæй йæ баст систа, хъоппæджытæй ма нын фæйнæ армы нæ къухтæм авæрдта æмæ фæцæ- уыныл. Йæ фæдыл араст лæппу дæр. Дыууæ-æртæ къах- дзæфы акодта, фæстæмæ фæзылд. — Итъал, æцæг, æцæг, махмæ-иу рацæут. — Нæхимæ дæр цыдæр змæлынц æмæ... Уæдæмæ уал- иу ды махмæ рацу, стæй æркæсдзыстæм нæ уавæрмæ. — Гъомæ хорз. Мад æмæ фырт ацыдысты. Изæрдальшгтæ фæбæз- джындæр сты. — Никуы фехъуыстон ахæм ном. Ном нæ, фæлæ сывæллоны афтæ схон — уый никуы æрцыд, æвэйщæ- гæн... 47
— Бирæ диссæгтæ вæййы зæххыл. Æниу Тадшй æф- садæй кæй ралыгъд, уый нæу диссаг? / — Тадиоз æфсадæй ралыгъд?!— бакъахдаеф код- тон Р1тъалырдæм, багуыбыр æм дæн. I — Ралыгъд, ралыгъд. / — Куыд ралыгъд, кæд ралыгъд?! / — Гæбаты куыдзы чи фехста, уыцы уартизаны нал хъуыды кæныс, Гадзе йæ дизентир куы/хуыдта? — Уæртæ уым куы хуыссыд, уын^джы хъæбæрыл. Зæлда йæ сæхимæ куы бахуыдта... / Итъал зæхмæ æркæстытæ кодта, / стæй сындæггай йæхи æруагъта. Æрбадтæн та æз дæр{ — Уый комкоммæ Тадиозмæ æррацыди. Лыгъд чи уыд, уыдоны фæдыл чи зылд, уыцы партизантæй. Та- диоз æй базыдта, Зæлдайы дæр æм йæхæдæг рарвыс- та. Нал сæ хъуыды кæныс? Уæвгæ сымах .уайтагъд алыгъдыстут. Уыцы фæззæджы...— Итъал цæуылдæр асагъæс кодта, стæй мын ме уæхскмæ æрбавнæлдта.— Тадиоз чындзæхсæв куы кодта, чындзхæсджытæ куы раздæхтысты, уæд разæй рацыд. Æвæццæгæн, афтæ хъавыд, ома раздæр бахæццæ уон. Куыд вæййы, цы вæййы — дæхæдæг нæ зоныс? Æмæ тæккæ районыл фæ- цагайдта. Уым æй æрурæдтой, йæхи дæр ын нал ра- уагътой, йæ бæхы дæр. Æмæ йæм цы хорз бæх уыд! Нал ын хъуыды кæныс йæ бæх? Æз мæ сæр атылдтон. Дзурын ницы сфæрæзтон. — Акодтой йæ. Дæлæ Стырхъæуккаг лæг уым фæ- ци, куы йæ кодтой, уæд. Куы, дам-иу сын ныллæгъстæ кодта, уæд, дам, стыр диссаг уыди. Бирæ нæ, фæлæ, дам, мын дыууæ боны раттут. Абон, дам, мæ ауадзут, иннæбон дам, æрыздæхдзынæн. Нæй, ницæмæ йын æр- дардтой йæ лæгъстæ.— Итъал йæхи уæлгоммæ ауагъ- та, йæ урс-урсид нымæтхуд йæ риуыл æрæвæрдта дзæн- гæрæджы хуызæн.— Æвæццæгæн, сæ пълан не ^ххæст кодта æмæ сæхицæн тарстысты уыдон дæр. Лæг йæхи- 43
цæнл^уы фæтæрсы, уæд æм искæй тыхст нæ хъары. Æгæр^бирæ уарзы адæймаг-йæхи, æвæдза. — Огæй цы баци... Тадиоз? — Аюэдтой йæ. Акодтой йæ, æмæ кæмдæр поездæй агæпп кодта æмæ ралыгъди. — Æмæчкæд лидзгæ ракодта, уæд ма уыцы парти- занмæ та цæмæ ’рвыста Зæлдайы? — Æмæ де зæрдæйæ уымæн ралыгъд æмæ æмбæхс- гæ бакæна? УЦцы бон уæддæр фæстæмæ здæхт. Парти- зæн æм куы на? æрбацыдаид, уæддæр.—Итъал йæ ныха- сæй фæлæууыД æнкъардæй мæм æрбакаст, тынг æнкъардæй.—Куы нæ ралыгъдаид, уæд ма, чи зоны, æры- здæхтаид, фæлæДзæгъæм, нал æрыздæхт, уæд та? Зæл- да уыди æмæ йæ цæгатмæ фæцыдаид, уæдæ кæдмæ бадтаид, цæмæ бадтаид? Стæй куы бадтаид, ’ уæддæр цы?.. Æвæццæгæн æй иваргонд батальонмæ баппæрс- той: мæй дæр нæма рацыд, афтæмæй йæ «сау гæххæтт» схæццæ... Мæнæн та-иу мæ цæстыты раз февзæрди Саби — бæрзонд, фæтæн ных, тымбыл роцъо... — Æмæ хъæды цы фæкусы? Итъал къæхтыбынæй ныуулæфыд. — Сабийæ мæ фæрсыс? Хъæдгæс у, фæлæ иннæ хъæдгæсты хуызæн хъæдгæс нæу. Иннæ хъæдгæстæн æрмæст сæ хъæдæй ма радав, уый йедтæмæ дзы цы- фæнды кæн. Амæ ссыдтæ — цынæ кусгæ йæ сæййаф- дзынæ! Фæндаг нæ араздзæн, бæлæстæ не- ’хсæддзæн, бæлæстæ нæ садздзæн — иууыл архайгæ. Арсыхуым нал хъуыды кæныс? Уым та цъуй талатæ ныссагъта. Схæцыдысты. Æнæуи дæр хъæдмæ куы ссæуын — нал æй базонын: хæрзæфснайд ног чындзы уатау. — Ныр Зæлда алыбон дæр йемæ вæййы? — Иемæ. Райсом йæ хæдзары куыстытæ бакæны, стæй йын хæринаг ахæссы æмæ ацæуы. — Æмæ изæрмæ уым баззайы? — Изæрмæ уым баззайы. Уæд та, дам, ын йæ хæри- 4 Хурвæндаг 49
нагмæ исты басмыста. Стæй, дам, æм кæсынæл не ’фсæдын. Не ’фсин мын дзырдта, афтæ, дам, эйгъта, нырма, дам, æм кæсынæй никуы бафсæстæн. / Æрталынг. Итъал’ талынгимæ баиу. Æрмæс/ йæ урс нымæтхуд хицæн кодта йæ риуыл. Æз кас/æн худы урсмæ, хъуыды кодтон Тадиозы тыххæй, Заедаайы тых- хæй, Сабийы тыххæй. Уæдмæ худ базмæлыд/ — Цом, цалынмæ нæ агурын нæ райдыдтой, уæд- мæ,— сыстад Итъал. ) Сыстадтæн æз дæр æмæ, куыддæр сцстадтæн, афтæ, уалæ Дзедырджын кæй хуыдтам, уыцьС æрдузы ауыд- тон арт—арт сыгъди, йæхимæ здæх/а адæймаджы цæстæнгас: талынг дунейы иунæг рухсы стъæлф. — Сабийы хъæдыл мачи бандзара,— нæдæр хъаз- гæ кодтон, нæдæр бынтон æцæг дзырдтон, афтæмæй загътон æз. ; — Æдас у. Сабийы хъæдыл ничи бандзардзæн.— Итъал мын мæ цонгмæ æрбавнæлдта.— Суар нал хъуыды кæныс? Сæрдыгон йедзаг вæййы адæмæй. Стæвд æй кæн, тъæпæнæджы йæ ауадз æмæ дзы ныб- быр. Сæхи дзæбæх кæнынц. — Дохтыр дзы ис? — Цæй дохтыр дзы ис? Сæ хуыздæр дохтыр — Га- дзе. Худæг вæййы: разилдзæн, суар чи тæвд кæны, уы- доныл. Кæмæн зæгъдзæн: «Дæуæн æгæр тæвд у. Иу бедра-ма йыл уазалæй акæн». Кæмæн та уыцы сабыр зондамонæн хъæлæсæй: «Ды-ма йыл бандзар, хъæуы ма дын æй. Иу-дыууæ хъæбысы дзаг-ма йыл бандзар». — Иæ биноклтæ цы фесты? — афарстон æз æмæ мæхицæй фефсæрмы дæн: уæдæ Зæлда æмæ Сабийы койæ афтæ тагъд агæпп кæн Гадзейы биноклтæм! — Йæхимæ сты. Суары дæр йемæ вæййынц, фæлæ махмæ куыд диссаг кастысты, афтæ диссаг нал кæсынц ныры лæппутæм. — Базæронд и? — Чи, Гадзе! Фæзæронд и, уæдæ цы кодта? Æмæ 50
йын а^рн нæма у? Зæлда куы базæронд и. Федтай, йæ сæр куых сурс? Цыдыс\уæм талынг уынджы æмæ та-иу мæ цæст артыл æрх^эцыд. Афтæ маем фæкаст, цыма хъæлдзæг сыгъд кодта, фæстæдæр стыр арт кæмæй рауайы, ахæм арт куыд фæ- судзы, афтæ. \ Итъал та мын мæ цонгмæ æрбавнæлдта. — Ам-иу у^æ дæлбазыр куы арæгъ стæм, нал æй хъуыды кæныс?...
ЦЫМЫРЗÆ Цымырзæ фермæйы куыста. Дæлæ хъæуы дымæджы сосафæндагмæ йæ чъылдым чи сыздæхта, уыцы даргъ фермæйы. Куыста æмæ цардыдзæбæхæй царди. Райсом дæ бæхы ’хтæнгтæ дзæбæх бал- вас — кæннод уыцы. тæссæртты саргъ бæхы фарсыл абаддзæн —хорз сæ бал- вас æмæ^стуртæн кæм сæ уæлеты бауай .цапуалæй, кæм сæ дæлеты. Сæр дæ ба- хъуыд, уæд дæ амонæн æнгуылдЗы къæдз дæ дзыхы атъысс æмæ ныкъ- къуыззитт кæн. Æхситт кæнынæй та Цы- мырзæйы чи амбылдтаид? Иу дæр нæ. Цæрæнбонты æхситгæнæн чи фæхаста, уыцы милиционеры æхситт дæр афтæ дард нæ фехъуыстаид. Къуыс-къуыс- гæнгæ-иу ацыди комы саггоммæ, стæй- иу йæ азæлд фæстæмæ æрбаздæхти. Дыууæ-æртæ хатты. Хъомтæ дæр-иу сæ къæхтæ ньтццавтой: хорз æмбæрстой Цы- мырзæйы æхситт. Уæдæ стуртæ ривæд райдыдтой, уæд дæ бæхы саргъ снс, дæ нывæрзæны йæ бакæн æмæ дæхи æр- уадз цъæх кæрдæгыл. Зымæгон та бынтон æнцон уыди йæ куыст. Фæсаходæн дæ бæхыл абад, стур-
ты доцьюылмæ баздах, дон сын бадар æмæ сæ сихор- тæм фæс^тæмæ æрбаздах. Стæй сихор бахæр. Уыцы дзæ- бæх сихой. Хуымæтæджы арæхсти хæринаг кæнынмæ- Джыбылон^ Цымырз^-иу æдзухдæр Джыбылоны конд хæрина- гæй æппæлыд. Сæхимæ иу ’хсæвæрыл куы багуыбыр,. уæддæр-иу æнæ скойгæнгæ нæ фæци: - — Ды дæр’ дзæбæх кæныс хæринаг, Хъазион, лæг хъуамæ раст зæгъа. Æвзæр нæ кæныс хæринаг, фæлæ уæддæр дæ артыл дон ауадзай Джыбылон! Уый’ хæри- наг скодта, хæринаг... — Цы уæлдай ма вæййы цымæ Джыбылоны хæри- наг? — б&бустæ кæны æфсин йæ лæгыл. Æмæ йыл бустæ дæр куыд нæ хъæуы! Уæдæ фæ- цæуы, æрцæуы æмæ та — Джыбылоны хæринаг. Цымырзæ йæ цыбыр æрфгуыты бынты тæригъæдгæ- нæджы каст фæкæны Хъазионмæ, цалынмæ уый дзырд фæвæййы уæдмæ, стæй йæ сæр батилы. — Нæ, Хъазион, нæ. Гъер дзы мæхæдæг куы нæ ба- хордтаин, уæддæр ма, чи зоны, зæгъин. Фæлæ дзы мæ- хæдæг... мæхæдæг дзы... Æмæ хаттæй-хатт адæймаг йæ къухы æлгътæ ахæрынмæ фæхъавы. ’ — Кæд ыл æхсыр аскъæры, уæд мæнæй ма! — Æхсыр, ома?. Нæ, йæ тæригъæд мае нæ хъæуы, æхсыр ыл нæ аскъæры. Æмæ æниу æз æхсыры хъæрм- хуыпп хæргæ дæр куы нæ кæнын. Æмбисонд нæхи хъуг у, æмæ уый æхсырæй куы ныккæныс хъæрмхуып- пыл... Ды та — æхсыр, дам. Фæлæ уымæй дарддæр никуы ацæуы лæг æмæ усы ныхас. Æмæ æниу цæугæ дæр цæмæн хъуамæ акæна? Сывæллæттæ сты, æмæ уыдонмæ дæр бакæс æмæ фы- ры хъултæм дæр. Дугъ кæнынц скъоламæ. Ахуыргæнæг уыдоны дзæбæхы койæ фылдæр нæу. Хæдзары — хъуг, æмæ дæ цæмæн хъæуы æхсыры цад. Изæры сæрвæтæй куы æрбацæйцæуы, уæд ыл адæм сæ цæстытæ æрæвæ- рынц. Фыстæ, кæрчытæ. Æмæ царди йæхицæн Цымырзæ. 5&
Афтæмæй дын иухатт, иу зымæгон бон йæ/тæккæ цыбырæй куы вæййы, раст уыцы рæстæджц’’’колхозы парторг Зæрæби фермæмæ куы ’рбафтид &мæ йæхи ’фермæйы хицау Долæтбегыл куы андадзид/ — Уе ’нæсæрфат митæм-ма акæсут, кæд куырм не стут, уæд! Иу лæгау лæг колхозы нал баззад, фæлыгъ- дысты. Сымах тыххæй! — Мæн тыххæй бæргæ нæ фæлыгъдысты,— æнæба- ры бакодта Долæтбег. — Уæдæ кæй тыххæй фæлыгъдысты, мæн тыххæй? — Куырм ничи у, Зæрæби, алчи дæр кæсгæ кæны æмæ йын кæм хуыздæр у, уда уыны. Уыцы ныхæстæ хуымæтæджы хъыг нæ фæкастысты парторгмæ. — Æмæ сын ам цæуылнæ у хуыздæр? Цæмæн ли- дзынц колхозæй нæ хуыздæр кусджытæ, цæмæн?! — уы- цы дзырдтимæ Зæрæби йæ арм фæрæтвæлдæх фæкодта .æмæ дзы иннæ армы бæстастæу æрцавта уæхскуæзæй. Уымæй цалдæр боны фæстæдæр Цымырзæ колхозы тсъæбицмæ ссыди йæхицæн резинæ цырыхъхъытæ æмæ уæлæфтау исынмæ. Къæбицы раз лæууыдысты сæрдар Уæсмæн æмæ Фалдоны бригадир Мæнци. — Фæсырдтат адæмы! Фæлыгъдысты колхозы хуыз- дæртæ.— Мæнцимæ йæ галиу уæхск сарæзта, йæ рахиз къух дардыл тылдта, афтæмæй дзырдта Уæсмæн.— Иу батыхсæг сыл нæй, æмæ фæлыгъдысты. — Йарæби, Уæсмæн, йæ хæдоны фæдджийæ сæ кæй æрцахсдзынæ, кæнæ сæ сахсæн кæй къæхтыл бакæн- дзынæ? Уæсмæн зæхмæ æдзынæг ныккаст æмæ йæхицæн дзурæгау загъта: — Ай мардæрцыды гæрах нæу! Нæ тæккæ хуыздæр, нæ тæккæ сæрæндæр кусджытæй иу нал баззад.—Стæй аздæхт бригадирмæ.— Ныр дын дæ куыстытæ чи кæн- дзæн? — Ныронг сæ чи кодта, уыдон,— загъта Мæнци. 54
Уæсмæн йæ къух Мæнцийы цæсгомы раз дæлæмæ- уæлæмæ срадав-бадав кодта. — Æмæ кæм сты уыдон? Кæм и Гайоз? Кæм и-Ти- ме? Кæм сты Ганыккоты дыууæ лæппуйы? Кæм и Бо- стыр, кæм сты иннæтæ? — Йарæби, Уæсмæн, мæ аххос дзы цы и, уый ма мын комкоммæ зæгъ. Искæй сæ æз сразæнгард кодта- нн, уымæй мæм дæ зæрдæ æхсайы? — Разæнгард, разæнгард,— дыууæ хатты загъта сæрдар.— Разæнгард сæ никæй скодтай, фæлæ сæм« къуырмайæ кастæ, къуырма æмæ куырмæй. Искуы дзы иуы — дæ бригады уæнгтæй дæ фæрсын, — цæуыл тых- сы, уымæй бафарстай? Искуы сæ искæмæн суджы кой скодтай, кæнæ холладжы кой? Æмæ уыдон дæр фæ- лыгъдысты — колхозы хуыздæртæ! Уыцы бон куыстмæ нал тасыди йæ къух Цымырзæ- йæн. Уæдæ ма искуы афтæ æрцыди! Сæ иу «колхозы хуыздæртæ», иннæ «колхозы хуыздæртæ». Ау, æмæ иу- уыл фæцыдысты колхозы хуыздæртæ, уæд ма уый ам цы ми кæны, Цымырзæ? Уый нæ бацæудзæн искæй бæрц горæты арæзтадмæ? Уый нæ бакусдзæн? Хæр- заг сæрдар æмæ парторг дзуриккой: «Колхозы хуыз- дæртæ фæцыдысты горæтмæ. Цымырзæ ма дзы уыд æмæ уый дæр афардæг». Æмæ та-иу Цымырзæ джихæй баззад. Изæры сæхимæ æхсæвæрыл куы ’рбадти, уæд Джы- былоны хæринаджы кой дæр нал скодта, йæ хъæрм- хуыпп азмæста, стæй йыл гыццыл æддæдæр ахæцыд æмæ, цыма тæбæгъæн дзырдта, уыйау загъта: — Колхозы хуыздæртæ фæцыдысты, лæг ма дзы кæимæ куса, кæд хæйрæджытимæ?.. Хъазион къуымы æнхъизæн стыдта æмæ йæ лæджы ныхæстæ нæ фехъуыста. Цымырзæ тæбæгъыл фæстæмæ йæхирдæм æрбахæцыд æмæ хъæрдæрæй загъта: — Нал дзы бакусдзынæн, йед куы феста, уæддæр. Колхозы хуыздæррæ фæцыдысты. 5*
— Хуыздæр ссадæн скæнæн нæй, нуарджын ссад, :афтæ мæм кæсы. Иубон картофтæй кæй баивтай, уыцы ссад. Ныронг дзы нæма скодтон. Иннæ ссадæй ма уы- ди æмæ... Цымырзæ та йæ хъæрмхуыпп азмæста, систа дзы, гъа ныр æй схуыпп кæна, афтæ фæлæууыд, æмæ уидыг -сындæг-сындæг фæстæмæ тæбæгъмæ æруагъта. Стæй Хъазионмæ æдзынæг ныккасти. — Хъазион, ды уый зоныс, æмæ колхозы хуыздæр- *тæ фæцыдысты? — Кæдæм? — фæуыргъуыйау сылгоймаг. — Горæтмæ. Уæдæ! — мæстджын лæджы хъæлæсæй загъта Цымырзæ. — Цæмæн? — уæддæр нæма ’мбæрста хъуыддаг Хъазион. — Ай, цæмæн, дам,— йæ тæбæгъмæ та ныккасти Цымырзæ.— Кусынмæ, æндæр цæмæ? — Алæ, зæгъын, ма цы ’рцыди. Фæтæрсын мæ код- тай. Фæцыдысты æмæ рæствæндаг фæуæнт. Уыцы æв- зæрдзинад дæм ис, ацы лæг, æмæ йæ ницæй тыххæй ныууадздзынæ, адæм дыл æвдисæн куы бакæной, уæд- дæр. Цымырзæ нырма комкоммæ касти йæ тæбæгъмæ, афтæмæй бафарста: — Цавæр æвзæрдзинад? — Куыд цавæр æвзæрдзинад? Уæдæ дын уый цы вæййы? Йæхицæй гыццылдæр хъуыддаг нæ уыдзæн, афтæмæй йæ сдиссаг кæныс. Чидæр горæтмæ ацыди — рæствæндаг фæуæд. Цымырзæйæн хъыг уыдысты йе ’фсины ныхæстæ. — Æз дæр дзы нал бакусдзынæн, уый зон. Нæ, уы- цы хæрæг амарди. Колхозы хуыздæртæй алчи горæтмæ афардæг, æз та сын фермæйы куы хырхин. Кæимæ ма дзы ,бакусон, хæйрæджытимæ? Ды та: чидæр, дам... Уымæй иу-дæс боны рацыди, æмæ Цымырзæ горæ- ты кусын райдыдта. Уартæ горæты сæр агуыридургæ- 56
нæнмæ хæстæг цæрæн хæдзар арæзтой. Райсом-иу хъæ- уы ничима базмæлыд, афтæ-иу сæм автобус æрбахæц- цæ æмæ-иу хъæусоветы агъуысты раз куыд рацæйзылд, афтæ дыууæ-æртæ уасты ныккодта. Цымырзæ-иу уай- тагъд арæвдз, йæ сихор-иу урс хæцъилы тыхтæй йæ синысæр йæ роныл абаста — къухтæ афтид куы уой, уæд цæуын æнцондæр у — æмæ-иу йæхи аппæрста ав- тобусырдæм. Сабыр уынгты-иу алырдыгæй хъуысти йе ’мбæлтты уæззау цырыхъхъыты къупп-къупп. Изæ- ры та-иу сæ фæстæмæ дæр æрбаласта автобус. Цымырзæйы тынг фæндыди колхозонты ’хсæн алæу- уын, аивæй хъус бадарын, кæддæра сæрдар, парторг цы зæгъынц уый тыххæй та. Æвæццæгæн, дзурдзысты... Уе ’нæсæрфат миты тыххæй колхозы хуыздæртæ фæ- лыгьдысты. Кæсут, Цымырзæ дæр та афардæг!!! Фæлæ уыцы ныхæстæм байхъусынмæ йæхицæн фадат нæ уыд: раууатаг у зымæгон бон. Скæс æмæ ныккæс. Нæ иуыл æххæсЫ, нæ—иннæуыл. Райсом сæ талынгæй аласынц æмæ сæ изæры талынгæй æрбаласынц. Æмæ ма талын- джы кæдæм фæцæуа Цымырзæ дæр, кæмæ ма байхъу- са? Фæлæ цы хæдзар арæзтой, уый къултæ уæлæмæ- уæлæмæ куыд цыдысты, афтæ бон дæр сындæггай даргъæй-даргъдæр кæнын байдыдта. Фæндзæм уæладзыг- мæ схæццæ сты, бон дæр дзæбæх фæдаргъ. Нырма-иу хур дзæвгар уыд, афтæ-иу æрбахæццæ Цымырзæиты автобус хъæумæ. Иннæтæй-иу алчи атагъд кодта йæ хæдзармæ, фæлæ-иу Цымырзæ колхозы правленийы размæ æнæ бауайгæ нæ фæци. Кæй-иу дзы баййæфта, уыдоныл-иу бацин кодта, сæ къухтæ-иу сын райста хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй. Афæрстытæ-иу сæ кодта хъæуы, колхозы хабæрттæй. Кæд-иу сæ исчи, горæтмæ чи ацыд, уыдоны кой скодта, уæд-иу Цымырзæ дæр йæ- хи батыхстгъуыз кодта. — Цы уын æй æмбæхсон, афтæ куы ахæсса, уæд колхозы хъуыддаг хорз нæу. Кусæг дзы нал баззад. Колхозы хуыздæртæ фæцыдысты. Æмæ сымахмæ гæс- 57
т& кæй аххос у? Хицæутты аххос, бригадирты аххос. Къуырмайæ кæсынц адæммæ. Иуизæр та Цымырзæ колхозы правленийы раз лæууыд кæимæдæрты æмæ та сын дзырдта: — Знон мыл уæ сæрдар амбæлди, Уæсмæн, æмæ æнæмард æрдиаг кæны? Нæ куыстытæ ма, дам, нын чи кæндзæн? Нæ хуыздæртæ, дам, горæтмæ фæцыдысты. Ды ма, дам, дзы уыдтæ, мæнæй уый, æмæ, дам, нæ ды дæр ныууагътай... Уыцы рæстæджы правленийы дуар байгом æмæ дзы Мæнци рахызт, Фалдоны бригаднр. Чысыл алæууыд дуары раз, стæй йæхи лæуджыты цурмæ байста. Цымырзæ йæ ныхас фæурæдта, Мæнцийы къух райс- та, стæй къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ загъта: — Æмæ мæн тыххæй цыфæнды кæнæд Уæсмæн, нæ йæ хæрам кæнын. — Цы кодта, цы? — тигъмæ йæм бакасти Мæнци æмæ йæ хъуынджын æрфгуытæй иуыл уæлæмæ схæ- цыди. — Ницы, мæнæ колхозы хуыздæртæ горæтмæ нæ фæцыдысты? Æмæ уый тыххæй ныхас кæнæм, — загъта Цымырзæ, йæхæдæг йæ амонæн æнгуылдз йæ хъусы фæтъыста æмæ йæ судзæнау дыууæрдæм срæуæг код- та. — Ныр цы ныффæдис кæнут? Чи ацыди нæ хуыз- дæртæй, кæцы дзы ацыди? — Уый, æвæдза, цæугæ акодтой, ууыл басæтт. Сæр- ,дар ыл йæхæдæг куы сæтты. Знон мын йæхæдæг дзырд- та. Мæнæй уый, нæ хуыздæр кусджытæ дам, горæтмæ фæцыдысты æмæ ма, дам, цы ми бакæнæм. Ды та, ф^- дис, дам... Лæгтæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. Æмæ сæ кæ- рæдзийы цæстæнгас бамбæрстой — ома, мах ахæм Уæс- мæны нæ зонæм, дæуæн йæ зæрдæбын ныхас чи ра- кæна. — Гъомæ хорз.— Мæнци йæ тамакойы кæрон зæх- '58
мæ æрæппæрста æмæ йыл йæ цырыхъхъæй ныллæу- уыд. — Гъер, мæнæ дæу райсæм... — Хорз,— фæцырд æм Цымырзæ æмæ йæ сæр бан- къуыста, бынæй уæлæмæ,—райсæм, кæддæра... — Фæлæуу, фæлæуу. Тагъд ма кæн,— хæстæгдæр æм балæууыди Мæнци.— Гъер мæнæ ды ацыдтæ æмæ дзы цы рамбылдтай? — Гъе, Мæнци, уый ма зæгъ, Мæнци,— йæ амонæн æнгуылдз йæ дыууæ æрфыджы астæу батылдта Цы- мырзæ.— Æппын кæд ницы, уæддæр горæт горæт у. — Ныр цы «горæт», «горæт» кæиыс?! — сыхсысти Мæнци. Худæг у Мæнци дæр. Хатт уыдзæн, æмæ хæрæг уаргъæн нæ афæраздзæн, Мæнци цæмæн бафæраза, уый. Хатт та дзы цыма бындз йæ фат фæцæвы, уыйау хъуамæ фесхъиуа.— Цагъайраджы хафт дзы кæныс, æндæр дын цы бавæййы горæт?! Исты йын мæнæй уæл- дай йæ театртæ, йæ музейтæ æмæ йæ ресторантыл куы нæ зилыс! — Æгайтма æз рестораны уыдтæн. Кинойы дæр. Театры нæма уыдтæн, æцæг, лæг хъуамæ раст зæгъа.. Фæлæ мын уырдæм дæр æнæ цæугæ нæй. Мæнæ куыд- дæр бон дзæбæх фæдаргъ уа, афтæ. Дзæбæх æмбал мын дзы и, алы ранмæ дæр дыууæйæ иумæ цæуæм. Бæ- гæны дæр аназæм, горæты дæр азилæм. Уæдæ куыд æнхъæл дæ, горæт горæт у. — Нуазгæ та кæй хардзæй акæнут: дæ хардзæй, æви де ’мбалы хардзæй? — ацы хатт Мæнци нæ, фæлæ иннæгæй чидæр йæ ’ныхас æрбаппæрста Цымырзæ- мæ. — Фидгæ, ома? Фидгæ — чи фæразæй вæййы, уый. Уый бахъуыды кæн, æмæ нырма айбæрц цæуæм иумæ, æмæ нæм æхцайы тыххæй ныхас никуы ’рхауди. Кæд æз фæразæй вæййын, уæд æз бафидын, кæд ме ’мбал фæразæй вæййы, уæд та уый бафиды. Митрофан хуи- ны ме ’мбалы ном. Æз æй Мито хонын, фæлæ мæм нæ^ мæсты кæны. Мæнци та: ресторанты, дам... 5а
— Уый та дæ цы хоны? Дæ ном ын зын дзурæн нæу? — Мæ номæй мæ хоны. Сахуыр мыл и. Хорз лæп- пу у. Искуы мын æй æнæ ’рбахонгæ нæй. Мæнæ цæ- хæратæ-йедтæ- куы фæзына, уæд. — Æмæ тæрхъус у де ’мбал, цæхæрайы сыфтæм æй цæмæн хоныс? — Тæрхъус нæу, фæлæ тыхджын бирæ уарзы цæхæ- раджын. — Уæдæмæ цы, уый зоныс, Цымырзæ, Мæнци цы фæдзуры, уый комкоммæ фæдзуры: мæгуыр лæг дæ, æмæ бæхджынты къæхты хъæрмæ ма хъыллипп кæн. Дæлæ дæ куыстмæ раздæх æмæ дæхицæн хыбыр-хыбыр кæн. Кæннод ардыгæй горæтмæ куы хафай, ныр куыд хафыс, афтæ, уæд дыл дзабыр нæ, фæлæ сæфтæг дæр нал баззайдзæн,— Мæнци тамако ссыгъта æмæ сæ фа- ле дуканийы раз цы бæрзондгуыффæ машинæ фæлæу- уыд, уымæ бадугъ кодта, йæ уынгæггомау галифе йæ уæлæ ныттынг и, афтæмæй. Цымырзæйæн хъыг уыдысты Мæнцийы ныхæстæ. Уый та куыд? Æмæ цæмæй мæгуыр у Цымырзæ? Цы хъуаг у? Иæхæдæг хъæздыгдæр у Мæнци? Æмæ Цымырзæйы хъуджы йаргъ йæ хæдзары куы ницы и. Иæ фæдыл рацæйуад, нæй — йæхи ныуурæдта. — Дæу цы фæнды, уый дзы нæи, Мæнци. Уыцы хæ- рæг амарди, уый зон.— Ноджыдæр ма- йæ цыдæртæ зæ- гъын фæндыди, фæлæ йæ цуры ничиуал бæрæг азза- ди—æрбайхæлдысты, цыма Мæнцийы ацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Дæ цуры куы ничн уа, уæд та фæн- ды дзур, фæнды — ма. Æмæ йæхи ныуурæдта Цымыр- зæ дæр. Æрмæст ма сабыргомау бакодта: — Мæ куысты хуызæн... Цы хæдзар арæзтой, уымæн йæ къултæ амад фесты. Ныр дзы райдыдтой кусын къулсæрдджытæ, паркет- гæнджытæ. Цымырзæ æмæ йе ’мбæлтты та раивтой сæ сисамайджытимæ æндæр ранмæ. Уым цы хæдзар арæз- €0
той, уый уыд иннæмæй ноджы даргъдæр, стæй, Цы- мырзæйы хъустыл куыд æрцыд, афтæмæй хъуамæ уы- даид цыппæрдæс уæладзыджы. Цымырзæ ныссагъæс кодта: «Æмæ уый амад кæд фæуыдзæни?! Хъуамæ ницы- мацытæй аивгъуийа æнæхъæн сæрд? Науæд æй кæнæ цæхæрадон æмбæрзын нæ хъæуы, кæнæ йæ хос кæрдын нæ хъæудзæн? Ай ницы...» Иæхимæ ныхъхъуыста Цымырзæ. Смадзура. Бон- изæрмæ-иу æнæдзургæйæ æвгæдтаид чъырызмæст, кæ- нæ амадтаид агуыридуртæ. Сихорыл дæр-иу сыбыртт не схауд йæ дзыхæй, кæд ма-иу Джыбылоны хæринаг æрымысыд: — Джыбылоны хуызæн хæринаггæнæг ацы горæты дæр нæй, уый цæуылнæ зонут? Уый дзæбæх стуры фы- дæй хъæрмхуыпп скодта, уæд йемæ дæ къухы уырзтæ ахæрдзынæ, уый зон. Изæры-иу автобусы дæр æнкъардæй бадти, æмæ-иу рудзынгæй уæлæмæ рæгътæм касти. Кæд-иу дзы бæх- джыныл йæ цæст æрхæцыди, уæд-иу æм фыццаг хæлæг бакодта, стæй та-иу æм мæсты сси. Афтæ йæм касти, цыма йæ бынтæ ам баззадысты, колхозы, æмæ йын сæ ныр иннæ колхозонтæ æнауæрдонæй ныххæлæттаг кæн- дзысты. Колхозы раз дæр-иу нал баурæдта хаттæй- хатт йæ маст: — Цæуылнæ хъыллиппытæ кæнат, бынтæ уын баз- зад æмæ! Ахæм рæстæджы исчи йæ ныхмæ фæлæууыди — Иры цы нæма æрцыд, ахæм митæ сын бакодтаид Цы- мырзæ. Иуизæр автобус æххæст нæма æрлæууыд, афтæ ру- дзынгæй ауыдта Дадызы — фермæйы йемæ бирæ фæ- куыста Цымырзæ. Тынг æй æрфæндыди Дадызимæ аныхæстæ кæнын, фестади æмæ адæмыл размæ ахæцыд. Тагъд кодта —Дадыз бæхыл уыд, æрцъыкк æй кæн- дзæн æмæ, бæх дугъыл куы схæца, уæд ма йæ фæсте 61
сурдзынæ! Сылгоймæгтæ хъуыр-хъуырыл фесты, фæлæ Цымырзæйы уыдоны мæт нæ уыд. — Алæут, хизгæ кæнын! — Æмæ уæдæ мах хæргæ кæнæм! Мах дæр хизгæ кæнæм. Махæн дæр хæдзæрттæ ис... Æви дæм куыд дзуры дæ зæрдæ? — Махæн дæр, дам, хæдзæрттæ ис... Хорз уьгди, æмæ Дадыз кæимæдæр афæстиат. Цы- мырзæйыл баузæлыд, йæ къух ын райста, стæй цæр- дæггомау æрхызт йæ бæхæй. — Иннæбон хуыскъаг хъомты хохмæ скъæрæм æмæ ма нæ иу æмбал хъæуы,— загъта Дадыз.— Долæтбег мæ рарвыста, искæй, дам, рацагур. Нæ зонын, куыд ба- кæнон. Цымырзæйы зæрдæ базмæлыд, цыма зæрдæ нæ, фæ- лæ йæ бынаты уæрцц фестади, йæ базыртæ баст кæмæн сты, ахæм уæрцц. — Хохмæ бæргæхорз у,— загъта æрæджиау Цымыр- зæ æмæ бæхы лæгъз фарс йæ армытъæпæнæй æр- сæрфта. Дадыз æм комкоммæ бакаст. Цымырзæ фæтарст, цыма йæм цыдæр æмбæхст уыд æмæ йын искуыцæй фæзынди. Йæ къандзолы тæрттæ æрлæгъзытæ кодта, йæ къухтæй иу йæ тары батъыста, иннæ йæ хæлафы дзыппы ауагъта. Йæ къæхты бынмæ ныккаст. Æмæ уыцы рæстæджы йæ сæры фæзындй иу хъуыды: фыццаг дард кæмдæр ауыдта дыууæ лæджы æд бæгæныйы къустæ, стæй йæ цæстыты раз фестадысты. — Дадыз, бавдæлæм æмæ фæйнæ бæгæныйы бана- зæм. Бæгæны хорз у, æвзæр нæу,— лæджы цæсгоммæ комкоммæ бакасти Цымырзæ.— Æмбалы тыххæй дын цы зæгъон— нæ зонын. Æмбал та куыд нæ хъæуы. Æм- бал тыхджын хъæуы. Æмбал афтæ хъæуы, афтæ ’мæ... -г- Æз. уый нæ зæгъын? Уый маст мæ и, уæдæ? Кæй акæнон, чердæм бакæнон, куыд бакæнон — ницы мæ сæ- рæн зонын. €2
Цымырзæ Дадызы къухæй идоны бос райста, бæх йæ фæдыл акодта æмæ йæ каумихыл бабаста, фæстæ- мæ æрбаздæхти. — Цом, уæдæ,— йæхимæ æркæстытæ кодта Дадыз, йæ ехс йæ цырыхъхъы хъусы æртъыста.— Де ’фсæрмæй, Цымырзæ, æндæр тынг æнæвдæлон дæн. Афоныл æм- бал куы нæ ссарон, уæд афтæтæ гæнæнтæ ис? — Æмбал дæ æнæмæнг ссарын хъæуы. Дзæбæх æмбал. Хæрæндонæп уайтагъд фездæхтысты. — Æмбалæн хуыздæр цы ис, хорз æмбалæй? Æм- бисонд афтæ у, фиййауæн, дам,— уæлæфтау. Фæлæ уæлæфтау дæр ницы у хорз æмбалы цур, уый зон. — Расыг нæ дæн. Уыцы иунæг бæгæны Гакъайы топпыхос нæу, миййаг. Мæ хъусы мын æй куы ауадзай, уæддæр мын ннцы кæндзæн.— Асины бинаг къæпхæныл йæхи фæурæдта Дадыз. Фæлæ йæ Цымырзæ нæ бафип- пайдта, чысыл гуыбырæй йæ цыды кой кодта æмæ йын Дадыз йæ къандзолы дысмæ бавнæлдта.— А нæ хицау чи у, Долæтбегæй дын зæгъын, уый Нестыры кæнын- вæнд кæны, уæлæ Хехоты. Æмæ, дам, хæрæг цæуыл кæуыс? Уæлæ, дам, бæх къæдзæхæй хаудзæн. Æмæ, дам, дзы дæуыл та цы цæуы? Иæ хæссын та, дам, мæн- мæ кæсы. Ды мæ бамбардзынæ, ды æнæ ’мбаргæ лæг нæ дæ. Нестыр, чи бакуса, ахæм лæг нæу. Йæ фыдæбон та кæмæ кæсы? Мæнмæ.— Дадыз йæ ныхас куы бал- хынцъ кодта, уæд æм Цымырзæ цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ уæдмæ уый æрхызт асины къæпхæнæй æмæ араст и бæхырдæм. Цымырзæ — йæ фæдыл. Бæхмæ куы бахæццæ сты, уæд та йын Цымырзæ æр- дæбонау йæ фарс æрсæрфта йæ армæй. — Цæй, Цымырзæ, дæ дзыппы бæркад бирæ уæд,— загъта Дадыз æмæ бæхы идон айхæлдта каумихæй.— Æз азилон. Мæ зæрды Хиуатæм бауайын и. Кæд сæ лæппутæ бынаты уой, уæд мын дзы искæй æнæ ракæн- гæ нæй. Дзæбæх кусæг лæппутæ сты. — Хиуаты лæппутæ...— загъта Цымырзæ æмæ фæлæу- 63
уыд, стæй та æрæджиау ногæй загъта: — Хиуаты лæп- путæ... Дадыз, уæдæ æмæ мæм иу фæнд и: цом нæхимæ æмæ Хъазионы арахъхъæй фæйнæ баназæм. — Нæ, уымæй мæм мауал бахат. Дæхæдæг тæрхон- гæнæг фæу, Цымырзæ: куыд ныууадзон мæ куыст æмæ мæ гуыбыны фæдыл куыд ацæуон! Уæд цæхæр ацæуæд уыцы гуыбыны! — Гъомæ уæдæ Хиуаты’ лæппутæй зæгъыс, фæлæ...— Цымырзæ та фæлæууыд, комкоммæ бакасти Дадызмæ. Йæ цæстытæ уыдысты сырх æмæ уымæл. Цыма сæхи- мидæг сурхид ракодтой. Æвæццæгæн, Дадызы куы фед- та, уæдæй нырмæ цы хъизæмар бавзæрста, уый йæ цæстытыл æрæнцад.— Дадыз, уыйбæрц иумæ адджы- нæй фæкуыстам æмæ дын иу ныхас зæгъон? Дæ зæр- дæ мыл нæ фæхуддзæн? — Цæмæн дыл фæхуддзæни мæ зæрдæ, цæй тых- хæй дыл фæхуддзæни?! — Уæдæ дæ минæвар кæнын: Долæтбегæн мын зæгъ, Уæсмæнæн дæр, кæд сын фæндон уыдзæни, уæд æз ацæудзынæн хохмæ. Хиуаты лæппутæ... — Æмæ уæд дæ горæты куыст та куыд уыдзæн? — Ныууадздзынæн æй. Хорз куыст у, æвзæр куыст нæу, уый зон, фæлæ йæ ныууадздзынæн. Ныр та ног хæдзар аразын байдыдтам, æнæхъæн цыппæрдæс уæла- дзыджы. Æмæ уый кæд хъуамæ фæуа арæзт?! Чи дзы кусы, уый дзы фæрнæй кусæд! — Иугæр афтæ у, уæд бамидæг у æмæ дæхи бацæт- тæ кæн иннæбонмæ. Йу Уæсмæны мæт дæр дæ ма уæд æмæ иу Долæтбеджы мæт дæр. Æз мæхимæ исын хъуыддаг. Хиуатæм дæр нал цæуын æмæ иу дæр. — Хиуаты лæппутæ...— загъта та Цымырзæ, æмæ та фæлæууыд. Æхсызгон улæфт ныккодта: Йæ цæсты- тае1 асæрфта, Долæтбегæн æй исты арфæйы ныхас зæ- гъын фæндыди, фæлæ дзурын не сфæрæзта æмæ та йын йæ бæхы фарс æрсæрфта йæ армæй. 64
ЦÆСТЫ ХОС Д^вæццæгæн, мæ цæстытæ кæй рыстысты, мæ зæрдæйы уымæн афтæ сыгъдæгæй бадардтон уыцы хабар, æндæр раджы уыди, тынг раджы —уæд мыл æхсæз азæй фылдæр нæ цыдаид. ...Хосдзаутæ Ныхыл бадтысты æмæ зарыдысты. Ных — афтæ хуыдтой Тъо- тъоты Хуссары цъупп — уыди хъæуы тæккæ сæр æмæ-иу хосдзаутæ уыгæрдæ- нæй куы æрцæйцыдысты, уæд-иу уым æнæ ’рбадгæ нæ фæуыдаиккой. Чидæр фыхта нартхоры кæрдзынтæ, ’ сæ тæф сын уæлдæф хаста — æхсызгон тæф æмæ амидингæнæг тæф. Хæдзæртты астæу уæзæгыл, иуцал- дæр урс дзæнхъа дуры кæм уыди, лæг- тæ-иу кæм бадтысты, уыцырдæм, йæ иу къухы лæдзæг, иннæйы хъисфæндыр, афтæмæй æнцад-æнцойæ фæцæйцыди нæ сыхæгты зæронд лæг Хъæвдын. Иæ фæ- стæ цыд — цыма тагъд-тагъд цыд, аф- тæ зынд, фæлæ уæд лæгæй куыд нæ ра- зæй кодта? — йæ бинойнаг Гæдиан. Усы дæларм — урс-урсид къæрта, æвæццæ- гæн ын бос нæ уыд, æмæ йыл Газдиан хæцыд, доулицæгъдæг йæ доулийыл куыд фæхæцы, афтæ. 5 Хурвæндаг 65
— Нæ хъусыс, нæ, уæртæ лæг?!—дзырдта хъæрæй Гæдиан,— хъугыл мын фæхæц æмæ йæ радуцон. Кæдæм та фæцæуыс дыдæгътæгæнгæ. Нырма дзы цъиуызмæлæг куы нæ и! — Мæны йас дур дæ æркъуырæд, кæд куы амæлон, уæд мæрдтæй дæр мæн нæ кæндзынæ дæ хъугыл хæ- цынмæ! — цæугæ-цæуын йæхицæн дзурæгау загъта Хъæвдын æмæ дуртæм бараст. — Тæлфаг хъуг мын ме ’хсыр акалдзæни, æмæ дæ судзгæ æлгъыстæй бахæрдзынæн! Хъæвдын æм ницуал сдзырдта. Дурмæ уæззаугай йæхи æруагъта æмæ ныуулæфыд. — Уадзут æй, уæдæ! — Гæдиан къæрта ариуыгъта лæджы фæдыл, цыма йыл дзы исты бакалынмæ хъа- выд уыйау, æмæ фæстæмæ фездæхт. Æз бадтæн, нæ къулрæбын цы тъæпæн дур уыд, ууыл æмæ æнхъæлмæ кастæн Нанамæ. Æвæццæгæн та саунæмыг тоныныл фесты, æндæр куыд æрæгмæ цæ- уынц ссивджытæ? Уæдæ хосдзаутæ кæдæй нырмæ ба- дынц Ныхыл! Мæ рахиз цæстыл-иу куы мæ иу арм авæрдтон, куы мæ иннæ арм. Фæлæ цæстысыг йæ кæ- лынæй не ’нцад— уайтагъд та-иу къухы бынты æрфæд кодта. Уалынмæ æрцыди Нана, æмæ æз йæ фæдыл кæугæ ацыдтæн хæдзармæ. Уыцы æхсæв цас фæкуыдтон, уый диссаг уыди. Куыдтон Нанайы фыдæнæн, уыгæрдæнæй æрæгмæ кæй цыди уый тыххæй, æндæр мæ цæст афтæ нал рыст. Æх- сæвæр дæр нæ бакуымдтон, бадтæн æмæ куыдтон, куы мæ схуыссын кодта, уæддæр куыдтон. Мæ зæрды уыди суанг бонмæ фæкæуын — афтæ йын хъæуы, фæлæ куыд афынæп дæн, уый зонгæ дæр нал бакодтон. Райсом куыддæр райхъал дæн, афтæ мæ Нана, нæ хæдзарæн цы иунæг рудзынг уыд, уый размæ бахаста, _уым мæ тъахтиныл слæууын кодта, мæ ныхыл мын йæ арм æрæвæрдта, йæ хистæр æнгуылдзæй цæсты уæл- 66
тъыфалыл хæрдмæ схæцыд, цæстмæ æдзынæг бирæ фæ- каст, стæй йæ сæр банкъуыста æмæ æнкъардæй загъ- та: — Туг’мыл ныууарыд, уазæг дын дзы бахауди. Æз тынг фæтарстæн уыцы ныхасæй, фæлæ мæ дис дæр къаддæр нæ уыд: куыд хъуамæ бахаудаид мæ цæ- сты уазæг? Кæугæ дæр уымæн не скодтон, æвæццæгæн. Нæ хъæумæ уазæг æфтыди искуы-иу хатт, уымæй дæр фистæгæй нæ—бæхыл, йæ фæсарц — хордзентæ, йæ уæлæ — нымæт, йæ сæрыл — хъуынджын худ, йе ’фцæ- гыл — басылыхъ... Куыд хъуамæ бахауа уазæг искæй цæсты, уæлдайдæр мæ хуызæн гыццыл лæппуйы цæ- сты?.. Уыцы райсом нæ хъæубæсты къахыл цæуæг нал баз- зад, мæнæн мæ цæсты уазæг кæй бахауди, уый чи нæ фехъуыста, ахæм. Æмбырдтæ нæм кодтой, се ’рмттæ хостой æмæ кæрæдзийы фарстой: «Кæцæй йæм æрхау- даид, кæцæй?!» Уый фæстæ-иу мæ мадæн исты хостæ амонын райдыдтой. Уыгæрдæнмæ цæуын сæ кæй хъуы- ди, уый дæр ма-иу нæм æнæвдæлоны здæхт фæкодта æмæ-иу къæсæрæй Нанайæн истытæ афæдзæхста. Аходæн афонæй ахызт, афтæ нæм æрбацыдысты Хъæв- дын æмæ Гæдиан. Гæдиан мын радта иу айк æмæ дыу- уæ къафетты, гыццыл базы хуызæн къафеттæ, стæй Нанаимæ ны^асыл фæци. Хъæвдын мæ дæлфæдтæм æр- бадт, йæ лæдзæг тъахтиныл бахъил кодта. — Ма тæрс, ма, ме ’мбал, æз дын фæстæдæр хъис- фæндырæй ацæгъддзынæн. Фæкæс-ма, кæддæра дын нæ ацæгъдин. Фæнды дæ? — Фæнды,— загътон æз. — Уæдæ хорз. Стæй сылгоймæгтæм аздæхта йе ’ргом. — Æццæй, дæ фыдыстæн, Гæдиан? — Цы у, уæртæ лæг? — Никуы фехъуыстай: йæ фыд искæй къухæй мард кæмæн у, ахæм сылгоймаг цæсты туг ныттагъта,— уы- 67
мæй хуыздæр хос ын Мысыры бæсты дæр не ссардзы- нæ. "" ’ — Ту-уг! — йæ ныхас даргъ ауагъта Нана.— Кæцы къухæй? — Кæцы, куы зæгъай, уæд галиу къухæй. Галиу къухы кæстæр æнгуылдзæй. Уæдæ! Судзин дзы фæтъыс- дзæн æмæ фæци. Иунæг æртах дзы хъæуы, æндæр аф- тæ æнхъæл дæ... — Æмæ галиу къухæй — цы уæлдай? — Нанайы дзурын нал суагъта Гæдиан. — Цы зонын? — йе ’нæдаст рус аныхта Хъæвдын.— Кæд зæрдæмæ хæстæгдæр кæй у, уый тыххæй. Нана рафæрс-бафæрс райдыдта æмæ ссардта ахæм ус. Сихорафон æххæст нæма уыдаид, афтæ мæ дзæ- къулгонд скодта йе ’ккой æмæ мæ ахаста, нæ бафале, Цъыфджын æй хуыдтой, уый сæр цы чысыл хъæу уы- ди, уырдæм. Мæ мадæн кæй амыдтой, уыцы ус йæхæ- дæг рацыди нæ размæ,— стыр саулагъз сылгоймаг. На- на йæ Дзиццен хуыдта. Ныр дæр ма арæх ауайы мæ цæстыл, уæд æй куыд- дæриддæр федтон, афтæмæй — сау къаба æмæ зынг- гъуыз раздарæны сындæггай рацæйцыд нæ размæ, сын- дæггай нæ, фæлæ æнæ тагъдгæнгæйæ, йæ къухтæ — йæ чъылдыммæ—æмæ мæм афтæ фæкæсы, цыма йæ цæс- гомы, уæлдайдæр та йæ цæстыты,— сæ дардыл зылд æвæрæнтæй æнцад æнæмæтæй чи касти — цыдæр уыди зæдæнгæсæй, стæй æрмæст йæ цæсгомыл нæ, фæлæ йæ рацыды дæр. Дзыццен нæ мидæмæ ахуыдта. Мæн схуыссын код- та тæрхæгыл уæлгоммæ, стæй рахаста урс-урсид æн- дахы къæбæл, æндах йæ галиу къухы кæстæр æнгуыл- дзыл ратыхта мидæгæй æддæмæ, æнгуылдзы зæрдæ ныссау æмæ дзы судзин фæтъыста... Æз хуыссыдтæн хуæлгоммæ, .æмæ мын Дзиццен йе ’нгуылдз мæ цæстмæ æрхаста сырх-сырхид туджы æртахимæ... 68
Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд Нана сугсæттæн къодахыл йæхи æруагъта. — Æмбисонды дзæбæх бон скодта. Ахæм бонтæ би- рæ нæ, фæлæ иу-дæс, уæд холладжы мæтæй фервæзик- кам. Дзиццен ын, æвæццæгæн, æрбадын æнхъæл нæ уыди, исдуг йæ уæлхъус лæугæ аззад, стæй уый дæр æрбадти йæ фарсмæ æмæ загъта: — Уæдæ, мæ уд. Холладжы мæт хоры мæтæй фыл- дæр у. — Куыд нæ у, куыд нæ? — фæцырд æм мæ мад.— Нæ хицау-иу афтæ загъта: уый æрцыдмæ дæ хъæбул- тæй йæ къахы ныхæй дæр мачи схъæрзæд.— Æмæ-иу афтæ загъта: хорхъуаг, дам, иу мардæрцыд у, холлаг- хъуаг — дыууæ мардæрцыды. Акæс-ма! Дзиццен æм ницуал сдзырдта. Нана дæр фæсабыр. Æз сæ разы зæххыл бадтæн æмæ та-иу мæ цæсты баст- мæ сæвнæлдтон. Цæсты, дам, уазæг куы бахауа, уæд, дам, ын дымгæйæ æвзæрдæр ницы ис. Мидæгæй афтæ загъта Дзиццен, стæй сæ фæсдуар цы чырын уыд, уый сæр сыгом кодта, иу хъуымацы нарæг уадздзаг дзы систа æмæ мын мæ цæст бабастон. Хæцъил кодта мы- дадзы тæф. — Ныр кæуыл туг ныууарыд — дæ фыд цы мæрдты ис, уыцы мæрдты сызгъæрин талатæ суадзæд — чи йæм систа йæ къух, куыд æм систа йæ къух? — тынг сдис- гæнæг кодта йæхи мæ мад.— Кæй цы хъыг дардта? О стыр хуыцау, ды мын мацы кæн. Дзиццен йæ къабайы уæрджытæ æрлæгъз кодта йæ æрмттæй. — Æнамонд уыд æмæ æнамонды мардæй амард. — Арф ныуулæфыд, фæллад гал куыд ныуулæфы, æфтæ.— Æндæр ма истæй тыххæй дæр куы уыдаид. Лæппутæ зо- къотæ фыхтой, йæхи æфсымæры лæппутæ... — Зокъотæ, зæгъыс? — Зокъотæ, зокъотæ. Махмæ тынг задн зокъо. Мæ- 69
нæ тæгæры зокъо кæй хонынц, уый. Иугæр бæлас ба- зæронд, сыфтæр ыл нал хæцы, уæд-иу ыл зокъо æрза- ди, зокъо, æмæ сæ дыууæ цæды галтæ нæ аластаиккой. Мæ фыды ’фсымæры лæппутæ кæмдæр иу бæласыл бамбæлдысты æмæ дзы куыннæ æрхастаиккой уый хуы- зæн æддых лæппутæ! Дыууæ лæппуйы къонайы фæй- нæфарс æрбадтысты — уæд ма астæуарт дардтам. Фи- зонæг кодтой æмæ хордтой. Уый хуызæн хæрзад зо- къо цы хæрын хъуыд?! Афтæмæй сын арт ныххуыс- сыд. — Мæнæй ма. — Уалынмæ мæ фыд кæцæйдæр æрбацыд, æмæ арт сæ астæу ныххорз и?> уый куы федта, уæд ын хъыг куыд нæ уыдаид! Ныр уæлдай нал у, уый йедтæмæ уыцы рæстæджыты дæ ницæмæ бæллæгæн* куы ахуыссыдаид йæ артдзæсты йæ зынг — зарджыты заринаг фæуыда- ид! А мæ фыд лæппуты куы рацъыччытæ кæнид, куи- тæ, уæ арт, дам, уæ разы куы ныххорз, уæд, дам, агъæ- ца, сыдæй мæлут. Лæппутæй кæстæр чи уыд—туджы лалым уыд æнæуи дæр, сдзырд æм нæ уыд — уый дын сугсæттæн фæрæт лæгыл куы ныббынæй-бынмæ кæ- нид! — Кыс-кыс-кыс! — йæ къух фæхъил кодта Нана, йæ цæстытæ фæхъоппæг сты. Дзиццен йæ цæсгом йæ галиу армыл æруагъта, аф- тæмæй бирæ æнæдзургæ фæбадт, æппынæрæджиау йæ къух айста, йæ цæсгомыл схæцыд. Нана хъæрæй загъта: — Ие ’фсымæры лæппу!.. — Уас мæ тæригъæд бахæрæд, тæригъæдхъуаг дæр нал у, фæлæ... Йæ галиу дæлармы бауад фæрæт, тæк- кæ^ дыууæ фæрсчы æхсæн, æмæ уыцы ран, йæ артдзæ- сты йæ уд систа. Лæппуйы уыцы бон æрцахстой: цы фæци, куыд баци, йæ хъæр-йæ цъист нал райхъуыст. Кæмдæр амарди, æвæццæгæн. — Уæд цавæр фæрæт у, гормон, дæ хистæр дæ ра- 70
цъыкк кодта, æмæ йæм хъуамæ æнæмæнг фæрæтæй лæб’урай?! Цъысс!.. — Афтæ туджы лалым уыди... — Ныр дæ цæмæй афæрсон: уыдон дæр ма сыма- химæ цардысты, лæппутæ? — Иумæ цардыстæм, уæдæ цы кодтам? Иу хæдзар нæ уыдыстæм? Фараст хосдзауы нæм уыд.... Æз нырма хæрз æрæджы бамбæрстон, Нана ма уынджы цæмæн æрбадт æмæ Дзиццены йæ фыды тых- хæй афтæ бæстон цæмæн фарста, уый: тæрсгæ кодта, миййаг ын кæд раст нæ загътой, кæд йæ фыд искæй къухæй мард нæу, æмæ мын йæ туг куы ницы баххуыс кæна. Уæдæй фæстæмæ мæ къуыри дыууæ хатты хаста мæ мад фаллаг хъæумæ мæ цæсты туг тадзынмæ. Иухатт та мæ куы бахаста, уæд хæдзарæй хъæрзгæ нæ размæ рахызт Дзиццен. — Цæмæ ма мæм æрбацыдтæ, цæ, хур дын фе- стон,— йæ хъæрзт фескъуын-фескъуынгæнгæ загъта ус, йæ дæлармæй райста йæ къух æмæ йæ уæззаугай ха- лын райдыдта.— Акæс-ма, дысон бонмæ мæ сæры хъуынтæ дæр фæтыдтон.— Дзиццен йæ къух æрбадаргъ кодта мæ мадмæ. Йæ кæстæр æнгуылдз, мæ Цæсты-иу мын туг кæмæй тагъта, уыцы æнгуылдз ныррæсыди, цыдæрхуызон-сыставд æмæ нытътъæпæн, цыма дзоны- гъыхъусы бын фæци. — У, туг мыл ныууарыд,— йæ ныхас даргъ ауагъ- та Нана,- æнгуылдзмæ бавнæлдта.— Уый дын хъæстæ куы фæци. — Æндæрæбон, холлæгтимæ архайдтон æмæ... Мæнæн мæ футт-футт ссыди, НанайьГ уæрджытæм мæхи балхъывтон æмæ хъæрæй скуыдтон. Цæуыл куыдтон, уый абон дæр мæ бон бамбарын нæу — усæн фæтæригъæд кодтон æви куырмæй фæтарстæн? Дзиц- цен мын йæ зынгхуыз раздарæны дзыппæй айк систа, Нана мын лæгъстæ кодта, изæры, дам, дый гуыл скæндзы- 71
нæн — нæй, басабыр кæнынæн мын ницы амал ардтой. — Мæнæ мæ сæр уынгæджы фæци, — мæ мады ’скæ- уынмæ бирæ • нал хъуыд.— Ныр мын фыркуыдæй йæ бикъ куы бафта, уæд ма йын цы ми кæндзынæн?!. Уæд Дзиццен судзин æмæ æндах рахаста, бабаста йæ рахиз къухы кæстæр æнгуылдз æмæ мын уый тугæй ныттагъта мæ цæсты. ...Æз фæцыдтæн дард фæндæгтыл. Кæмдæр хæхты фæстæ баззадысты мæ сабибонтæ. Мæхæдæг æрцард- тæн стыр быдираг хъæуы. Хæрз æрæджы куыстæй куы ’рцыдтæн, уæд мæ цæс- тытæ дудæгау кодтой. Мæ мад мæ кæддæрау рудзынджы размæ фæкодта, йæ хъарм дæрзæг къух мын мæ ныхыл æрæвæрдта, йæ хистæр æнгуылдзæй уæлтъыфалыл схæцыд æмæ мын мæ цæстытæм æдзынæг фæкасти, стæй загъта: — Туг мыл ныууарыд, уазæг дын дзы.ма бахауæд! Мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыдысты, мæ мад-иу мæ æндæр хъæумæ куы хаста йе ’ккой, уыцы дард бонтæ. Мæ цæстыл ауади Дзиццен, стыр саулагъз сылгоймаг, урс къæбæл æндах«æмæ æрттиваг судзинимæ. Мад мæм æрбакаст, йæ сæр ныфсæвæрæджы тылд бакодта, арф ныуулæфыд æмæ загъта: — Мæрдты сызгъæрин талатæ суадзай, Дзиццен, уый дæуæн цы лæггад фæкодта... Мады ныхасмæ дзурын ницы сфæрæзтон. Мæ рус- тыл æртылди цалдæр уæззау хъарм цæссыджы, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма мæ цæстыты рыст фенцад- дæр...
МÆ СЫХÆГТÆ 1Гъæрæсе дæр худæгæй мары, уæллæй! Иæ цæст мыл æрхæцæд, æндæр æнæмæнг уыцы ныхæстæ: «Илас, ды дæр ма ам цæрыс? Дæ къам нæм уæддæр ныууадз, æмæ-иу æм æркæсæм, куы дæ æрæмы- сæм, уæд». Хъыг та сæ куыд нæ кæны?! Раст куы зæгъæм, уæд сæ æз бафæллад- тæн, афтæ сæ бафæлладтæн, æмæ ма Хъæ- рæсемæ бакæсон уый мæ зæрдæ нал хæссы. Фæссихор трамвайы æрлæу- уæнæй нæхимæ куы фæцæуын, уæд кæд нæ бакатай кæнын, куы та мыл сæмбæла, уый адæргæй! Æнæуи дзæбæх адæймаг у Хъæрæсе. Кусын уарзы, сыхæгтимæ цæрын зоны, бинонти- мæ — хъæрмуд, цы ма вæййы! Уæд йæ хæдзар куы фехæлид ирыхъæуккаг Ел- бердæн! Фыццаг уымæн фехъуыста уы- цы ныхас. Иу-дыууæ азы размæ цыдæр бадт уыди нæ кæрты, цы бадт уыди — ницуал ын зонын. Фæлтау куы никуы уыдаид бынтондæр! Æмæ ма сæ Елберд йæ фырсуфайæ загъта. Бадт йæ тæккæ тæмæны бацыд, æмæ цы нæ вæййы ахæм рæстæджы? А Хъæрæсейæн та пæ цæст мæныл æрхæцæд, æндæр доны хъæстæ дæр ма уæд. 73
Хъæрæсе куыстмæ раздæр ацæуы мæнæй, фæстæмæ дæр раздæр ссæуы, уымæ гæсгæ æмбæлгæ арæх нæ кæ- нæм. Фæлæ уæддæр куыд нæ сæмбæлæм! Иу агъуысты бын кæимæ цæрай, уымæй дæхи чырыны нывæр, уæддæр ыл цы ,'гъдауæй фæуыдзынæ æнæ сæмбæлгæ! Гъер мæнæ абонæй нæ зæгъæм? Куыддæр нæ тæккæ размæ æрба- хæццэ§ дæн, афтæ мыл хæрхæмбæлд куы фæуид. Мæнæ, дам, доминойæ хъаздзысты,~æмæ, дам, сæм бакæсон. Хæдзары дæр, дам, цы кусон, уæдæ.-Бацин кодтон мæ- хинымæр: уæдæ мæ кæд исты амонд уа, уæд уыцы ны- хасы кой нал скæндзæн. Куыд нæ стæй! Куыддæр, йе уæнтыл уæгъдæппæрст цы пинджак уыд, уым йæ цæнгтæ атъыста, афтæ райдыдта: «Илас, ды дæр ма ам цæрыс? Дæ къам нæм уæддæр...» —. Омæ, Хъæрæсе...— дзуринаг мæмницы уыд, уæд- дæр ын фæурæдтон йæ ныхас. Сцъæхдæндаг дзы дæн! Бакастæн, доминойæ кæм фæхъазынц, уыцы стъолмæ— стъол йæ цыппар къахы ныхъхъæддых кодта, афтæмæй йæ ных сарæзта балы зæнгмæ, цыма бæлас афæлда- хынмæ хъавыд, уыйау. Иæ уæлæ цалдæр хус сыфтæ- ры фесхъиу-фæфæлдæх кодтой уддзæфы змæлдмæ.— Ацы уазалы доминойæ дæр чи хъазы, чи? — загътон æз тагъд-тагъд, тарстæн, йæ ныхас æрдæгыл куы нæ ныу- уадза Хъæрæсе æмæ йыл кæронмæ дзурыныл куы схæ- ца. Мæ тас хуымæтæджы нæ уыди: — Дæ къам нæм.уæддæр ныууадз æмæ-иу æм æр- кæсæм,— Хъæрæсе схуыфæгау кодта, æнуд хуыфт нæ, фæлæ уæлæнгай хуыфт, хъæлдзæггомау хуыфт. Стæй йæ хæлафы дзыппы йæ къух ауагъта, иннæ къухæй та йын æдде аххуыс кодта, афтæмæй сигарет сласта. Си- гаретæн йæ тамако фæкалд æмæ æрдæгæй æддæмæ афтид дысау афтидæй баззад. Хъæрæсе йын йæ афтид æрдæг йæ дыууæ уырзы ’хсæн аздыхта æмæ йæ ссыгъ- та. Сулæфыди дзы, æрбакаст мæм.— Дысон та Гисо- тæм дæр нæ уыдтæ. 74
Уыцы рæстæджы Хъæрæсейы фындзæй фæздæг дыу- уæ цыхдырæгæй ныггуылф кодта, æмæ æз у-ымæ кæ- сыныл фæдæн. — Афтæ уæ алчи йæхи бамбæхсы, æз та фыдæбоны хай фæвэёцйын алы хатт.— Хъæрæсейæн йæ нарæгго- мау цæстытæ цыдæр мæсты ’рттывд фæкодтой, сæ га- гуытæ цыма, сæ мидбынат сзылдысты, æмæ мæм хыл- гæнæджы хуызæн фæкасти.— Афтæмæй уадзинаг мын бæргæ нæ уыд, фæлæ мæ къухтæ баст уыдысты. Ацу æмæ искæй фынг сызмæнт! Стæй æнæуи дæр æртæ хат- ты бахаудтæн. Мæнæн фаг у. Хъæрæсемæ иу миниуæг уыди: кæнæ дын хъуамæ кæд бахауд, цæй тыххæй бахауд, уый радзырдтаид, кæнæ та дын йæ усы æфсымæр Дохцы кой ракод- таид. Ныр æз, Хъæрæсейы цал хатты æрцахстой, кæд дзы цас абадти, уыцы хъуыддæгтæ Хъæрæсейæн йæхицæй æвзæрдæр нæ зыдтон. Уæдæ Дохцы царды хабæрттæ та, фынæйæ мæ фехъал кæн, уæддæр æнæкъæрццæй ра- дзырдтаин. Афтæмæй йын йæхи мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон Дохцæн. — Мæхи йæм тыххæй ныуурæдтон, фæлæ ма ныр цы? — Хъæрæсе ма йæ сигаретæй иу пъæртт скодта, стæй йæ йæ дыууæ къахы астæумæ æрæппæрста, йæ рахиз къахæй йыл ныллæууыд.— Рахъавыдтæн-иу: ныкъкъæрцц æй кæнон æмæ та-иу мæ иу къухæй ме ’ннæ къухыл ныххæцыдтæн. — Уыцы ныхæстимæ йæ æрмттæ кæрæдзийыл бацавта, æнгуылдзтæ æддæгмидæг атъыста æмæ йæ къухтæ сæттæгау акодта фыццаг иу- æрдæм, стæй—иннæрдæм. Иæ уæлæрмттыл цы цъæх нывтæ уыд, уыдон цыма змæлгæ бакодтой. Æз бирæ хæттыты федтон уыцы нывтæ. Йæ рахиз къухыл уыд лæдзæгджын нæлгоймаг хохаг уæлдзарм худы, йæ къæхтыл — хъадамантæ. Йæ галиу къухыл та — май- мули. Тъæпæн бадти æмæ цымыдисæй касти размæ. Стæй ма ноджыдæр бирæ нывтæ уыди Хъæрæсейыл — 75
йæ цæнгтыл, йæ риуыл, йæ чъылдымыл, суанг Х/га йæ- -зæнджы хæцъæфтыл дæр. / — Чи уыди, чи? Цы кодта? — Маймулимæ æдзынæг кастæн, афтæмæй бафарстон Хъæрæсейы. МаГшули дæр цыма мæнмæ касти. Дзæбæх арæзт у уыцы маймулийы ныв. Иæ даргъ цæнгтæ йæ уæрджыты къорпатыл ра- уагъта, афтæмæй бады æмæ цæмæдæр æнхъæлмæ кæ- сы, цыма цыты уазæг у. • — Ай куы ницы зоныс, æнхъæлдæн,— хъæрæй сдзырдта Хъæрæсе. Фæйнæрдæм аракæс-бакæскодта.— Уæлæ Диамбеджы æвзæр...—йæ ныхасмæ ма цыдæр аф- тауынмæ хъавыди, æвæццæгæн, фæлæ йæхи ныуурæдта. — Æмæ цы кодта? — Гисотæм куывды бадтыстæм, йæ хистæр чызг ахуыр фæци, æмæ йæ кусынмæ æрвитынц далæ Уырысмæ. Æмæ фынг фезмæста. Дзæгъæлы йæ нæ ныкъкъæрцц кодтон. Уæдæ Кимыс уый хуызæн фæлæггад кодта — кусартæй-æндæрæй, мыдадзы хуызæн сæ сарæзта, æмæ? дам, дын дæ нуазæн нæ исын. Нæ, дам, мын бæззы нæ- химæ арахъхъ. Уæд уый лæджы ныхас у, лæджы дзуапн у уый?! Хъæрæсе мæм æрбакасти. Афтæ мæм æрбакасти, æмæ мæ æнæмæнг исты зæгъын хъуыди. Фæлæ цы хъуамæ загътаин, йæ ныхæстæн ын бæрæг куы ницы æмбæрстон, уæд? Стæй хæдзары тæккæ рахизæны ца- вæр даргъ раныхас-баныхас у? Кæнæ куыстæй æрба- цыдтæн, æмæ уал мæ мидæмæ бауадз, стæй ам нæ уы- дзынæн?! Худæджы лæг у Хъæрæсе дæр! Уæддæр исты дзурын хъуыди, кæннод мæм афтæ кæдмæ хъуамæ кас- таид? — Днамбег чи у, Диамбег, уый рацъыччытæ кæнын хъуыди, æвæццæгæн.— Хъазгæ дæр нæ кодтон, æцæгæй дæр нæ дзырдтон, афтæмæй загътон æз, æмæ кæмдæр мæ хъуыдыйы кæрон абадти фæсмоны фæлм — цæмæн мæ ’хъæуынц уыцы ныхæстæ, уæд та йæм дзы исты хъыг фæкасти. 75
— уæдæ! — загъта уæдмæ Хъæрæсе.— Ныкъкъæрцц кæнын^ей хъуыд. Сыбыртт дæр дæ нæ хъæуы. Сыхæг- тæ иууьмдæр ме ’вварс, тæрхондонмæ дæр кæнæ ба- хæццæ уыдаид хъуыддаг, кæнæ — нæ. Уайтагъд нæ ба- фидауын \содтаиккой. Фæлæ кæйдæр фынг!.. Куыд æй сдæлæ-уæлæ кодтаин! Ноджы, мæгуыр, Гисо йæхæдæг рынчындоньк Цæй, ацу, дæ зæрдæйы фæндоныл митæ кæн! \ Хъæрæсе ницуал сдзырдта, йæ къухтæ йæ хæлафы дзыппыты ’ртъыста, афтæмæй чысыл æддæдæр ацыди. Уым æрлæууыди. Æз рахъавыдтæн нæхимæ ацæуын, фæлæ мæ ныфс нæ ахастон: цыма мæ фыццаг къах- дзæфыл æрæййæфтаид Хъæрæсейы ныхас, афтæ мæм касти. Иæ былтæ чысыл рæсыдгомау. Йæ цæстытæ та æнцад æнæмæтæй кастысты сæ къуырфытæй, цыма уынгæ дæр ницы кодтой, цыма цы дзырдта, уымæ дæр ницы б.ар дардтой. Диссаг уыди Хъæрæсейы цæстыты хабар. Уæдмæ та Хъæрæсе тамако сдымдта æмæ та йæ фындзæй дыууæ цыхцырæджы рауагъта. Схуыфыди, афтæ уæлæнгай хуыфт. Кæрты аракæс-бакæс кодта — кæрты ничи уыд, фæлæ дзы исчи куы уыдаид, уæддæр цыма ницы федтаиккой Хъæрæсейы цæстытæ, афтæ зынди. — Æмæ цæуыл тæвд кодта, дæумæ гæсгæ? Куыд- дæр фынг æрæвæрдтой æмæ арахъхъы дурын .ауыдта, афтæ дын йæхи сæнцъылдтæ кодта. Лæппутæй кæмæ- дæр бадзырдта, цы, кæмæдæр, дæуæй йæ цы сусæг кæ- нын, уæлæ Алибамæ Гæлæбуты, арахъхъ, дам... конь- як, дам. Уый йæ Кокианы хъусы бацагъта. Гисойы ус уæлæ, куыд нæ йæ зоныс? Кокиан чызджы къухы сырх туман фæсагъта, гъер куывд кæмæн кодтой, ахуыр чи фæци, уый нæ, фæлæ уый кæстæры къухы. Згъоргæ, æмæ, дам, дуканийæ иу авг æрбадав. Чызг не ’хсæнты куыд рацæйуад, афтæ дын æй Ки- мыс — кæцæй йæ фехъуыста, куыд æй æрхатыдта, ни- 77
цы йын базыдтон — фæлæ дын чызджы цонг куь/ ацах- сид, алæма, кæдæм, дам, цæуыс. Йæхæдæг æй/дзурын дæр нал суагъта, йæ къухæй йын æхца æмæ хызын райста, æмæ сæ къухнамæ ахаста. Фæстæмæ дзургæ рацыд: / — Ирон арахъхъ, ирон бæгæны чи нæ/нуазы, уый йæ коньяк йæ дæлармы æрбахастаид. / Цыма йын исчи йæ уадул ныкъкъæрцд кодта, уый- ау ныссау и, ныххуы. Æнæхъæн бадтыл пæ зæрдæ нал радта. / — Нуазгæ та-иу цы акодта, мæгуыр?/ — Анызта-иу. Арахъхъ дæр-иу аныз^а, бæгæны дæр. — Æмæ ма уæд хъæлæба та цæуыл рауад? — Мæ цæстæй дзы ракастæн. Мæнæ мын æй фæ- стæдæр иу хуынд æнæ фæкæнгæ нæй.— Мæ фарстмæ мын йæ хъус не ’рдардта, афтæмæй дзырдта Хъæрæсе. Æниу дзы мæ фарст хъæугæ дæр ницæмæн кодта, фæ- лæ дæм лæг комкоммæ куы ныккæса, уæд ацу æмæ ма- цы сдзур.— йæхи кæдæм фæнда, уырдæм. Ресторанмæ йæ фæнда, хæдзармæ йæ фæнда — мæнæн уæлдай нæу. Цас æй хъæуы, бирæ йæ хъæуы? Мæнæ ма йын дæу," кæд та нæ бамбæхсай, уæд йемæ фæкæндзынæн, стæй ноджыдæр иу-дыууæ лæппуйы... Уæдæ мын ралæгтæ вæййынц! Цалынмæ уыцы дуканимæ нæ бахауд, уæд- мæ йæ хонгæ дæр ничи кодта йæ фынгмæ. Ныр, дам, ирон арахъхъ нæ нуазын.— Хъæрæсе мæм æрбакаст, ацы хатт йæ цæстыты цыма цыдæр дыдзы рухс фæ- зынд, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æрхуыссыд, æмæ та цæстытæ фыццагау æнцад-æнæмæтæй кæсын райдыд-' той.—Цæмæйдæр мæ куы афарстай? О, о, хъæлæбайы тыххæй... Кимыс нын йæ нуазæнтæ дæттын куы ’рымы- сид. Æмæ йын æмбæлгæ дæр кодта. Гисо йæхæдæг — рынчындоны, ай, мæгуыр, Кимысæй дын зæгъын, ку- сарт сцæттæ кодта, физонæгæй-æндæрæй, æмæ, дам, мæ къухæй фæйнæ нуазæны саккаг кæнут, кæннод, 1Д)ам, мæ уый фæстæ Гисо куы бафæрса, уазджытьг 78
куыд федтай, уæд, дам, æм цы цæсгомæй бадзурдзы- нæн: фæйнæ-фæйнæ нуазæны дæр сæм нæ авæрдтон. ИууылЬæр сæ уыцы дзæбæх райстой, арфæтæ йын фæкодтойдамæ дын куы ’рхæццæ и рæгъ, а Диамбег- мæ, уæд дын цæхгæр ма ныллæууа, нæ, дам, æй исын. Фæйнæрдыгæй йыл схор-хор кодтой бадты адæм! Уæддæр йæ \съæхтæ ныццавта, хæрæджы былмæ куыд тардæуа, уыйтсуызæн. Уæд æй Ки\шс бафарста: — Цæуылнæ мын исыс, Диамбег, мæ нуазæн? Уый йæ къшмæрзæн систа æмæ дзы йæ фындз би- рæ фæсæрфта —\æвæццæгæн ыл æхснырсæг исты уыди, æндæр цавæр фындз у — иуæрдæм фæфутт-футт кодта, иннæрдæм фæфутт-футт кодта, æппынæрæджиау ба- фснайдта йæ къухмæрзæн. Кимыс лæууы, нуазæн йæ къухы, афтæмæй. \ — Айс, Диамбег, мæ нуазæн,— дзуры та йæм. — Цы нуазæн дæттыны æфсарм, дам, дæ и, Ки- мыс? — хъуыр-хъуыр дын ма райдайд.— Мæгуыр лæг, дам, дæ, фынгыл бадыс æмæ, дам, бад. — Айс мæ нуазæн, Дйамбег,— бахатыди та йæм Кимыс. — Нæ йæ райсдзынæн æмæ цы? — йæхи дын фе- схъæл кодта мæлæты лæгау. Æз мæ маст нынныхъуырдтон æмæ адымстæн. Адымстæн, иуныхасæй атоныны йедтæмæ мын хуыцау хос нал загъта.— Хъæрæсе мæм хæстæг æрбацыд, йæ сигареты судзгæ кæрон йæ дыууæ уырзæй аууæрста. Тамакойы хъыхъхъаг тæф мæ фындзыл сæмбæлд.— Фæлæуу-ма, зæгъын, фæлæуу, фынгыл никуы æрбадтæ дæ цæрæнбонты? Цы, дам, кæныс? Куыд цы кæныс, зæгъын, лæг дæумæ нæ дзуры? Ныкъкъæрцц кæнын æй хъуыд æмæ мын æнæзæгъинаг мæ къухтæ ныббаста, æлгъысты фæуа! Уæдæ Кимысмæ дæр афтæ тынг цæ- уыл фæхæрам уыдаид? Кæд Кокианы коньякмæ æрви- 79
тын кæй нæ бауагъта, уый тыххæй. Æмæ уæд ахæм гуыбыны тæвд цæхæр ацæуæд! / — Ныр Кимыс цы ми кодта? / — Кимыс? Кимыс цъæх афæлдæхт. Лæгмæ дæр ба- кæс æмæ дойнаг дурмæ дæр, мæнæ къабускаты боцкъа- йы дойнаг дур нæ ныффæлдахынц, ахæм ш>æх-цъæхид дур. Уæддæр йæ маст урæдта. Кимыс кæуылты лæг у! Диамбеджы хуызæттæ йæ хоныс? Ногæн/та. йæм баха- тыд: / — Арæппи, Диамбег, нуазæн аздахын æхсæрварс ныкъкъæрццæй уæлдай нæу, æмæ мын уахæм маст цæ- мæн кæныс? / Уæддæр йæхи ныххæрæг кодта: / Нæ, дам, æй райсдзынæн, дæ сæрыл, дам, хъен куы слæууай, уæддæр. Мæнæ, дам, уæ разы фынг, кæй, дам, хъæуы, уый, дам, бахæрæд, банёзæд, æндæр, дам, уыл цы хæс и?! — Фæлæуу, æмæ нын уыдæттæ та цæмæн амоныс, мах дæр ирон хæдзæртты куы схъомыл стæм,— афтæ йæ бафарста Кимыс. Уый дын æм ма фæкъæпп кæна: — Куы зонис, уæд дын нæ амонин. Стæй’ кæд зо- ныс, уæд дæ разы дæ хæдоныл уыцы æмпъузæн цæмæн и?! Акæс-ма адæммæ, кæддæра цы хуызæн хæдæттæ дарынц. Гъо-гъо-гъо, цы хуызæн аци уыцы ныхæсты фæстæ Кимыс! Дзурын нал сфæрæзта, цыма йе ’фсæртæ кæ- рæдзийы мидæг ауадысты. Æнæдзургæйæ æрбавнæлд- та Диамбеджы цонгмæ æмæ йыл æрхæцыд. Æрхæцыд ыл, нæдæр æй риуыгъгæ акодта, нæдæр æй йæхирдæм æрбаивæзта. Хæцыд ыл раст йæ тæккæ цонджыхъулыл æмæ йын йæ цæсгоммæ каст. Æппынæрæджиау, цыма йæ хъæлæсы къæрмæг ныффидар æмæ йæ тыхриуыгъ- дæй’сæппæрста, уый богъ фæкодта: — Мæнгард фæу! Диамбегæй цыма ницы рысти, йæхи афтæ æвди- 80
сынмæ >бæргæ хъавыд, фæлæ кæм! Йæ сæр йæ уæхс- чыты æргьыста, афтæмæй ма æнæбары бакодта: — Суадз къух!.. — Мæнгард фæу!— йæ дæндæгты къæс-къæс та рай- хъуыст Кимысæн. — Суадз\къух, дын зæгъын! — Нæ йА уадзын «æмæ цы?! — Суадз игын мæ къух, нæхимæ цæуын. — Æз иуг&р куы ныххæцын, уæд нал фæуадзын! Уыцы ныхнсмæ куыддæр базмæлыдысты бадты адæм, иуæй-иу \æтты фынг бахудызмæл. Иæхи цæсгом дæр бахудызмал, йæ уадултæ фæбуаргъуыз сты, сæ цъæх ссыдн. Стæн йæ цæсгом сырх кæнын райдыдта. — Кимыс хъаруджындæр хъуамæ уа? — Уæдæ йæ Диамбегыл барыс? Диамбегыл хæцъæ- ч-фы мур куы нæ и. Уый мæнæ ацы дуканимæ куы ба- хауд, уæд уæгъд фыд сæвæрдта, хуымæтæджы уæгъд фыд, уый йедтæмæ дзы удыртау куы нæ уыд. Нал æй хъуыды кæныс? — Фæлæуу-ма, Хъæрæсе, æмæ Диамбег дуканийы кусы? Дзидзауæйгæнæгæй нæ кусы? — Дзидза- дæр фæуæй кæны, куы йæм вæййы, уæд. Сæртæ дæр, къæхтæ дæр. Кæсаг дæр фæуæй кæны, консервтæ-йедтæ дæр. Æмæ йын цы нæ фæдзырдта. Хыл, ома? Хыл — нал. Иæ къухыл ын хæцыд, йæ къух ын уæддæр не суагъта. Лæг йæ куыдзæн уый нæ нык- кæндзæн, уый уымæн цы ныккодта. Æмæ, дам, цæмæй дæ сæр бæрзæндты хæссыс? Дæ зæрдыл, дам, нал лæу- уы, цалынмæ дæ уыцы куыстмæ нæ баппæрста дæ ма- дыфсымæр, уæдмæ куыдтæ цардтæ, æмæ куыдтæй цыд- тæ, уый? Нал, дам, æй хъуыды кæныс? Æрхъуыды-ма, дам, æй кæн. Дзæбæх-ма, дам, ахъуыды кæн, дзæбæх* Къуыммæ пæ тынг бахаста. — Æмæ уæд Диамбег цы ми кодта? — Цы ми кодта? Лæууыди æмæ йæм хъуыста. Цы ми хъуамæ кодтаид? Йæ рахиз къухæй бæргæ архайд- б Хурвæндаг 81
та йæ цонджы хъулæй Кимысы æнгуылдзтæ райхалын, фæлæ кæм! Иухатт дæндагæй дæр фæлæбурдт/ Кимы- сы къухмæ. Нæй, нæ йын суагъта уæддæр йæ/цонджы- хъул. Ды, дам, къæрных дæ æмæ, дам -иу нæ/фыдæлтæ къæрныхы сæ фынгмæ нæ уагътой, стæй, да/-иу йæхæ- дæг дæр æфсæрмы кодта адæмы ’хсæнже рацæуын. Ды та, дам, дæ сæр бæрзæндты хæссыс, къæрных кæй дæ, уымæй. Ай, дам, мæрдты диссаг нæ/? Машинæ, дам, балхæдтай, далæ, дам, Мæскуыйæ /хæдзары дзаг дзауматæ æрластай — цæхæртæ калыш, раст ахæм- тæ — уæд кæцæй æркъахтай æхца, дæ /мызды авд ту- манæй? Æндæр, дам, ма фæцæр! Æмæ/иын цы нæ фæ- дзырдта, се ’ппæт ма кæй зæрдыл лæууынц? О, о, аф-* тæ дæр ма йын загъта: хорз адæм, (ацы лæг, дам, у къæрных, æмæ, дам-иу нæ фыдæлт^ цы ми кодтой къæрныхтæн, уыцы ми, дам, ын бакаенæм — хъоды! Не ’хсæнмæ йæ ма уадзæм. Кæннод нæ искæй дзыппытæ акъахдзæн. Зæронд кæнæ, дам, инвалиды пенсимæ кæ- мæн нæ лæууынц йæ къухтæ, уымæн искæй дзыпмæ куыд фæлæудзысты? Къæрных у! Уый адыл ын йæ къух суагъта. — Æмæ? — Æмæ цы? Кæм ын хæцыди, уыцы ран цъæх-цъæ- хидæй баззади. — Зæгъгæ ницы кодта? — Цы загъта? Дæ хуызæттимæ, дам, фынгыл чи бады, уый дæр, дам, дæ хуызæн у. Иæхæдæг рагъæнæй йæ пъалто ратыдта æмæ федде. Хъæрæсе тамако ссыгъта. Дыууæ хатты дзы фæд- фæдыл- ныуулæфыд æмæ та йæ фындзæй дыууæ цых- цырæджы рауагъта. — Сызгъæрин фæуæд, мæхи цы минут баурæдтон, уый. Гъер æй куы ныкъкъæрцц кодтаин, уæд абон дæр — фыдбылыз. Хъæугæ йын бæргæ кодта,гфæлæ хи бауромын æвзæр нæу. Ноджыдæр ма цыдæртæ дзырдта Хъæрæсе, фæлæ 82
йын са^ æз нæ бамбæрстон, æз уыцы рæстæджы хъуы- ды кодтон Кимысыл. Цытæ йын фæдзырдтаИ Сабыр- малы, дам, хæйрæг бады, зæгъгæ-иу дзæгъæлы нæ дзырдтой\нæ фыдæлтæ. Хъæрæ^е ма исты зæгъинаг у — бакастæн æм. Р1æ тамако йæ, былтæм балхъывта æмæ йæ спъæртт- спъæртт коота, йæ уæлармæй мæм комкоммæ касти маймули, йæ\даргъ цæнгтæ йæ уæрджыты къоппатыл æрæвæрдта. Тамако дзæбæх куы ссыгъди, уæд æй æри- ста Хъæрæсе. \ — Æмæ дьш æрдæбон дæр уый тыххæй загътон, дæ къам нæм эдæддæр ныууадз, æмæ-иу æм æркæсæм, куы дæ æрымыйæм, уæд. Æндæр æнæуи афтæ ’нхъæл дæ... Ног та кæронмæ загъта уыцы ныхас Хъæрæсе. Уæд дзы фæлмæцгæ та куыд нæ кæны?! Уæдæ дзы мæнæн мæ бон куынæуал у. Май, 1976 аз
ХУРВÆНДАГ (повестъ) 1 ТуГæй сындæг-сындæг сцæГщыди стъалыты ’хсæнты, цыма сæ искæуыл куы схæца, уымæй тарсти. Ныггуыбыр и фырзæрон- дæй, ныффæлахс. Ахæм мæйæн ма рухс кæнын дæр цастæ уыдаид йæ бон? Но- джы йын стъалытæ дæр ницы бæрæг æххуыс кæнынц. Цыдæр сабыр, цыдæр уæнгуагъд сты, раст цæргæ-цæрæнбон- ты цы бынæтты сыгъдысты, уыдонæй фæиртæстысты æмæ, дарддæр цы уы- дзæн, ууыл ныссагъæс кодтой... Фæлæ уæддæр бынтон талынг нæу быдыр. Цæст ахсы арвгæрæттæ. Уартæ горæты фæндаджыбыл уæлæфтауджын бæлццæт- ты хуызæн арæгъ сты акъаци бæлæстæ. Цыма базмæлынц æмæ кæрæдзийы фæ- дыл станырдæм æрбацæйцæуынц, афтæ мæм фæзыны хаттæй-хатт. Æз бадтæн обауы æддаг фарс. Скъо- ладзауты хъæлæба мæм хъуыст, фæлæ пæм мæ хъус нæ дардтон: уадз æмæ хъазой. Мæхи уæлгоммæ ауагътон, кæр- дæджы уазал мын æхсызгон хъыдзы кодта ме уæнтæ, хуыссыдтæн æмæ хъуыды ницæуыл кодтон, афтæмæй æдзынæг кастæн арвмæ.
— Дслæнбег! — агуры мæ Клавæ. Уæлæ обауы цъуппыжлæууы. Цымæ та цы кодта? — Аслæнбег Астемыры фырт! Сыстажæн. Æмхæрд фæцæуын. Мæ кæттаг къан- дзол ме уæхскыл баппæрстон хордзенау. — Æхсæьæрафонæй ахызт, лæппутæ фæйнæрдыгæй лæбурдтытаЛкæнынц. Чызг мæ р\азæй фæраст и. Бæрзондгомау къæсхуыр- тæарæзт. Фид^р, рæхснæг зæнгтæ. Йæ уæлæ—йæ разда- рæн. Джиппæйфыст, гæлæбу-нывæфтыд хъуымацæй. Дыууæ гæлæбуйы иумæ, дыууæ гæлæбуйы иумæ. Ныр- тæккæ мæм нæ зынынц гæлæбутæ, фæлæ сæ бирæ хæт- тыты федтон. Алыбон дæр сихор куы бахæрæм, уæд Клавæ йæ раздарæн фелвасы, ахсы æмæ йæ искуы хурварс айтындзы. Р1æхæдæг стыхсæг вæййы: — Гъа, кæннод мын æхсæвæрмæ куы нæ ссур уа, уæд... Цыма раздарæн куы нæ ссур уа, уæд æхсæвæр ни- чиуал бахæрдзæн. Фынджы алыварс мыдыбындзытау ныттыгуыр сты лæппутæ æмæ чызджытæ. Æнхъæлмæ кæсынц. Сæ хъæ- лæба цæуы. Æхсæнмæхсæнты сæ ныхас райхъуысы: — Кыла ’æмæ Аслæнбег æрцæуынц. — Уæлæ ’рцæуынц Кыла æмæ Аслæнбег, гъей! — Дæ хæдзар фехæлæд, уый дын Аслæнбег! Исты де ’мбал у? — Ме ’мбал у, уæдæ де ’мбал у?! Арты раз гуыбырæй лæууы Борик æмæ иу даргъ лæдзæг дыууæрдæм хæссы аджы сæрты. Лæдзæг нал зыны. Баиу йæ фæдимæ. Лæппуйы былтæ — зыхъхъыр, дæндæгтæ — æлхъывд. Дзургæ та куыд кæны афтæмæй? — Бавналут! Бавналут!.. Мæн куы федта, уæд йæ лæдзæг æруагъта. Бахудти. — Скъæфтой мын сæ фæйнæрдæм. Уæртæ мын дзы Эдик ахæм аскъæфта! Клавæ фынгыл хæринаг æрæвæрдта: дзул æмæ 8&
/ аджыфых картофтæ, цæхх. Картоф нырма фыццаг хатт сфыхтам. Луарсаб нын дзы нæ уагъта. Хъаермхуып- пæн-иу дзы бедрайы дзаг куы ’рбахастам, уæддæр-иу сæм бирæ фæкасти æнкъардæй, цыма йæ ахстонæй чи рахауди æмæ чи амарди, ахæм зæрватыччь/лæппынтæ уыдысты, стæй-иу оæм æрæвнæлдта. / — Гъа, туджы тæригъæд нæу адон афтæмæй къа- хын. / Фæлæ знон Керымæн загътон, сæрд^рæн. Уый ба- худти. ’ ; — Æмæ дзы цас хъуамæ бахæрат? Ныр мæм абон райсомæй Луарсаб иуварс асидти. — Картофтæ... дæлæ уыцы кæронæй... Хæрзкъахт,— йæ сæр æртхъирæнгæнæджы тылд бакодта. Кæсын картофтæм. Тæбæгъы кæрæдзийы уæлæ амад, тымбыл къухы стæвдæнтæ. Сæ цъæрттæ ныс- къуыдтæ сты æмæ скъæбæлдзыг сты бæрзы цъарау. — Бисолтан кæм и? — Дæлæ хордоны цур бады. Мæнæ йын Борик йæ лæдзæг раскъæфта, æмæ ма куыд рацæуа. — Уæдæ мын мæ картофтæм лæбурдтой... Скъæфгæ йын æй чи ракодта? Йæхæдæг мæм æй нæ радта? — лæппу фестад æмæ дæлæмæ азгъордта лæдзæгимæ. Уайтагъд фæстæмæ фездæхт æмæ йæ бынаты абадт. Чысыл фæстæдæр сзынди Бисолтан дæр. Астæуæй уæ- лæмæ цæхгæр фæкъæдз и. Афтæ зынди, цыма йæ лæ- дзæг уромы, æндæр йæ астæуыл фæдыдагъ уаид. Иæ сæрыл — йæ бур уæлдзарм худ. Арф æй ныккодта. Ху- ды гопп дзæбæх сзынди уæлæмæ, цыма мидæгæй хуы- дыхæлд фæци... — Офф! Цал мæлгæ дæр акæны, цал дзæбæх дæр свæййы, уал дæ амæлæд, цы низ дæ! Амардта мæ. Ар- дæм мæхи раппæрстон: дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ гыццыл фæхуыздæр уыдзынæн. Æмæ дын ай мæ митæ! Ам, дам, хус уæлдæф у æмæ, дам, стæгнизæн æххуыс у. Æмæ уæдæ кæм и?! — Лæг мæм йе стыр армы бынты æр- 36
бакаст, йæ цæстытæ мæм сзылдта, цыма азымджын æз- уыдтæн. ’ Бисолтан фынгмæ ’рæвнæлдта. . Исдуг фæсабыр фынг. Стæй та лæппутæ базмæлыдысты. — Кыла, тых æрбаппар! — Кыла нæ фæлæ Къыла. — Кла-вæ!—сæ уæлхъус алæууыди чызг. — Кыла, Кыла, Кылавæ! Картофтæ- ма мын авæр!— чидæр базарыд лæппутæй æмæ йæ сæрты афтид тæ~ бæгъ алæвæрдта. — Сабыр! Мæ хъустæ мын хæрут!—Клавæ тæбæгъ- та^ рамбырд кодта, фæцæйцыд, фæлæууыд.— Ахуыйæн сæ бакæнут, афтид картофæй сымах чи бафсад- дзæн! — Луарсаб нæ бафсаддзæн, Луарсаб. Луарсабы коймæ Бисолтан йæ картоф фынгыл æрæ- вæрдта, къухаууæтты мæм æрбакаст — æвæццæгæн, нæ дæле хордоны тигъыл цы цырагъ сыгъд, уый йæ хъыг- дардта — æмæ йæ комдзаг нынныхъуырдта. " — Цы хуызæн лæг у? Луарсабæй дæ фæрсын. Уый бæрц фæцардтæн, æмæ искуы ай хуызæн лæг чи федта, уымæн йæ мыггаг аскъуийæд! Æз ницы сдзырдтон. Уый йæ картофмæ æрæв- нæлдта. Бисолтан æмæ Луарсаб нæ фидыдтой. Луарсаб-иу исты куыстытæ бафæдзæхстаид Бисолтанæн: — Уæртæ уыцы хъæллæгътæ æрæмбырд кæн æмæ сыл бандзар! — Дæлæ уыцы хордоны сæр иу шифер куы ’рæвæ- рай, уæд де ’рдæг нæ ахаудзæн! — Мæныйас дур дæ ’ркъуырæд, кæд дæ сывæллон нæ дæн, куы нæ мын цуматæ кæнай! — хъуыр-хъуыр- иу кодта Бисолтан Луарсабы фæсвæд. Иæхицæн та-иу ын дзырдта: — Ай мæнæ быдыр адæмæй бæз-бæз кæ- ны, æмæ дзы мæнæй кæстæр не ссардтай?! — Хынджылæг ма кæн. Ам дын санатори нæу. Дæ- 87
уæн дæр куыстыбонтæ фиды колхоз,—мусы къæбæлау ныффидар вæййы Луарсаб Бисолтаны раз. Хæсты нæ уыди Луарсаб — йæ азтæ нæ амыдтой. Хæсты фæстæ тигъсæрдæгæй куыста. Нæ хъæуы ахæм хæдзар нал баззади, уый бæхбадт кæй рагъыл нæ акод- та. Фæзыхъæуæй нæ куы хицæн кодтой æмæ нæ хъæуы хицæн колхоз куы арæзтой, уæд æй чидæр правленимæ куы бахæссид. Уым чысыл цыдæртæ акуыстытæ кодта, стæй йæ горæтмæ сæрдары курсытæм арвыстой. Уæдæй нырмæ куы цы куыст фæкæны, куы — цы. Асæй ныл- лæггомау, стæвдтæарæзт. Иæ саулагъз рустæ æдзух- дæр — æнæдаст. Фæлæ йын сæ афтæмæй базыдтон æмæ уыцыиухуызон сты: хъуын сыл нæдæр цыбырдæр кæны, нæдæр даргъдæр. Кæд сыл, миййаг, сæрæлвы- нæн машинæ суадзы? Бисолтан, æвæццæгæн, æмбæрста, æз Луарсабмæ %цы цæстæй кæсын, уыи. Мæ цурмæ æрбафтыдаид, æн- дæр мын уый кой æнæ ракæнгæ нæ фæуыдаид. — Ай зæххæн цы ’мбары, уый рынæй мæ гуыбыны, кæддæра мын цы уаид. Зæххы улæфт æмбарын хъæуы. Зæхх дын уæлхæдзары тигъ нæу. — Тигътæ та куыд сæрста? — бакастæн Бисолтан- мæ. — Нæ, адæймагæй гæды зæгъын тæригъæд хъуыд- даг у. Тигътæ хорз сæрста. Гъеныр уый бахъуыды кæн: пу-цыппар азы ам быдыры и, уæдæ царвцæгъдæны та ноджы фылдæр фæкуыста. Уырдыгæй ацу,, æмæ кæр- чыты фермæ. Уым дæр дыууæ азы бæрц афæстиат. Уыйразмæ ахуыр кодта, уыйразмæ мæнæн мæ тигътæ байсæрста, æм«æ дзы нырма иу дур нæ сызмæлыд йæ бынатæй. Нæ, тигътæ хорз сæрста. Скъоладзаутæ базмæлыдысты. Стъол афтидæй аз- зади, æрыскъæфты халæн йæ æрыскъæфтæ куыд фел- васай, уый хуызæн. Дæллаг цырагъы бын атымбыл сты. Уалынмæ фæцыди тракторы рог тъæпп-тъæпп, æмæ чысыл фæстæдæр нæ разы цæхгæр фæлæууыд Угъалы 88
трактор. Цыдæр æнахуыр къаннæг, йæ гуыффæ разæй, Куы фæцæйцæуы, уæд цыма дзæгъæл фæци æмæ йæ фæндаг агуры, уыйау хъуамæ сонт разгъор-базгъор си- са. Иууылдæр æй «Сопо» хуыдтой. Иухатт тракторист- ты бригадир Боскъа мæхи цæстыты раз дзырдта сæр- даримæ: — Керым, цалынмæ къæбæр хæрай, уæдмæ дæ ма- шинæйыл сихор бадавой? — Æмæ уын Сопо кæм и? — Йæ подшипниктæ атадысты, къопп æгасæй халц- наг фæци. Уыййедтæмæ Сопойы цур мæн машинæ ни- цæмæн хъæуы, бæргæ. Æрцардта нæ Сопо. Уæззау куыстæн нæ бæззы æмæ йыл тауинаг ала- сынц, сихор ыл адавынц трактористтæн. Рог ыл ауайы быдыры хицæуттæй исчи. Сопо куыддæр фæлæууыд, афтæ йæ цæстытæ фæньь къуылдта, стæй сæ фынгмæ ныццарæзта. Чысыл фæ- стæдæр Луарсаб мæ ныхмæ æрбадт. — Угъал, рауай картофтæ ахæр,— адзырдта трак-- торырдæм, фæлæ уый фынгмæ не ’рбацыд. Скъоладзау- тæ кæм хъазыдысты, уырдæм ныйиста йæхи. Бисолтан размæ рагуыбыр, лæдзæгыл йæ уæз æр- уагъта, сыстад æмæ араст и хордонырдæм. — Хъус-ма,— æрбадзырдта мæм Луарсаб.— Сæрдар ам уыди. Мæнæн сæрдар мæ цæстытыл ауад: стыр тъæпæн цæсгом. Иæ уадулы хъæбæртæ æддæмæ сæхи рахастой. Æфсæддон хъуымацæй дзыпджын хæдон æмæ гæлифе- хæлаф, кæрдæгхуыз фæсмын худ.- Луарсабмæ ницы сдзырдтон. — Райсом иу звено картоф къахынмæ арвит. Хис- тæр кълæстæй. — Цæмæн? — Керым загъта. Горæтмæ картоф æрвитын хъæуы, Адæм тыхсынц æнæ картофæй. 89.
— Æмæ скъоладзауты къахт куы нæ уа, уæд æй нæ исынц? — Хынджылæг ма кæн. — Хынджылæг нæ кæнын. — Уæдæ колхозонты картоф къахынмæ ’вдæлы?! Алчи сæ йæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæны! Сæ нарт- хор кæрдæджы бын фæци. — Мах нартхорæн кæрдæгæй ницы тас.у? — -Кæд ын тас у, уæд æм февналут, февналут æм! Уæртæ-ма колхозонтæм бакæс, кæддæра сæ хæрынмæ дæр равдæлы. Сымах та бон-изæрмæ уæлгоммæ хуыс- сут! — Æндæр ма цы? — Æндæр цы, цы, дæ бон кусын нæу, æмæ дæ хæ- .дзармæ афардæг у. Æндæр ницы. Ам санатори нæу. Быдыр у ам. Колхозонтæн дæр ма сæ уæнг амардтат.— -Луарсаб сыстад. Æз дæр сыстадтæн. — Скъоладзяуты бригад уæ къухты къæрмæджы бæсты дарат æмæ, зыхъхъыр кæм аззайа, уым та йæ атъыссат, -уый нæ уыдзæн. Скъоладзауты бригадæн ис бæлвырд пълан æмæ уый хъуамæ сæххæст кæна кусы- нæй дæр, улæфынæй дæр, хъазынæй дæр. — Æз дын бацамыдтон дæ куыстаг. Нæ йæ бакæн- дзынæ — дзурдзынæ сæрдаримæ,— Луарсаб цæхгæр фæзылди.— Цом, Угъал. Сопойы тымбыл цæстытæ стъолæй фæхицæн сты, исты агурæгау кæрты æрзылдысты, фæнда^ыл фæхæст сты æмæ йæ уæгъд нал суагътой. Сæ фæстæ рог тъæпп- тъæпгæнгæ згъордта трактор, цыма сæ баййафынмæ хъавыд... Стан ныссабыр. Иу зылд ма æркодтон агъуысты алыварс, стæй араст дæн мотор хуыссын кæнынмæ. Са- райы кæрон бæласы бындзæфхады хуызæн иунæгæй лæууыди Бисолтан. 90
2 Æртæ машинæйы’ кæрæдзийы фæдыл æрзылдысты мæнæуы хуымы кæрæтты æмæ, нæ дæле цы фæтæн фæндаг уыд, ууыл араст сты тракторты калонæйы- рдæм. Лæппутæ сæ къæпитæ бæрзонд систой тырыса- тау. — Ур-ра-а! — афтæ-иу кодтой алы бон дæр, кол- хозонтæ-иу быдырмæ куы ’рхæццæ сты, уæд. Мах ком- коммæ ма сæ гыццыл хъуыд, афтæ фæстаг машинæ фæ- сабыр, стæй кабинæйæ æддæмæ йæхи рауагъта Луар- саб/ Иæ иу къух æмæ иу къах æддæмæ разæбул сты. Исдуг афтæ ауындзæгæй аззад, стæй æргæпп кодта. Æвæццæгæн, машинæ æгæр тагъд цыд — цыма йæ ис- чи йе ’фцæгготæй ныззылдта, уыйау йæхи размæ ахас- та Луарсаб. Къухтæ зæхмæ сарæзта. Ныртæккæ ахау- дзæн, иу къахдзæф, дыууæ къахдзæфы ма æмæ йе* ’рмттæ зæхмæ ахæсдзæн. - Скъоладзаутæ схудтысты. Бахудтæн æз дæр. Лæп- путæ мæ худгæ куы федтой, уæд фæйнæрдыгæй базмæ- лыдысты, райхъуысти сæ хъæрахст. — Хауыс, хауыс!.. — Фидар лæуу, Луа! — Рауай æмæ дыл схæцон!.. Фæлæ Луарсаб нæ ахауд: згъоргæ-згъорын сраст и æмæ йæ мидбынат æрлæууыд, йæ хъæзын тегла худ систа, стæй йæ фæстæмæ ныккодта æмæ махырдæм ра- раст. Иæ уæраджы фæкъæдзгæнæнты цыма хъандзал- тæ æвæрд ис — йæ уæз кæцы къахыл ауадзы. уый чы- сыл зæххырдæм фефсæры, стæй уайтагъд фæстæмæ йæ бынаты абады. Лæппутæ сæ худын баурæдтой, рувынц, кæрæдзимæ цыдæртæ дзурынц: — Ныры физикæ дæр ма физикæ у, Бисолтаны загъдау... — Зæххæн йæ магнит фæци, æвæццæгæн... 91
— Уый аххос нæ уыди: амортизаци, амортизаци...— Кæс-ма, йæ зæнгтæ рессортыл æвæрд сты... — Ам чи рувы?! — Тынг хъæрæй загъта Луар- саб æмæ æнæзмæлгæйæ баззад. Æз æм хæстæг бацыд- тæн. — Кæм, Луарсаб? — Хъус-ма! — фесхъиудта уый, стæй фæгуыбыр кодта, æвзарты ’хсæнты цы кæрдæджытæ уыд, уыдон сивæзта сæрыхъуынтæ ивазæгау.— Ай рывд нæу! Хын- джылæг ма кæнут. — Шотик! — фæдзырдтон бригадирмæ.— Дæ куыст- ма фæуадз æмæ ардæм рауай. Лæппу нæ разы ’рбалæууыд. — Ай цы у?! — мæнмæ та нал фæлæууыд Луарсаб. — Боричы рæгъ у,— æрбакасти мæм Шотик. — Гъемæ йæ раздах фæстæмæ æмæ йæ рæгъ дзæ- бæх барувæд. Искуы ма ахæм сайæн куыст куы бакæ- на, уæд ын йæ хъуыддагмæ ’ркæсдзыстæм. Афтæ йын бамбарын кæн. Иннæтæ — улæфынмæ. Улæфыны коймæ Луарсаб фестъæлфыд, йæ цонг йæ тæккæ цæстыты размæ сыскъæфта, йæ сахатмæ тарст каст фæкодта, стæй хурмæ скаст æмæ йæм кæсгæйæ баззад. — Цы афон улæфт у дæуæн дæр! Нырма алчи ку- сын куы нæ райдыдта. Борик æрцыд æмæ æнæдзургæйæ йæ рæгъыл æр- лæууыд. Ныллæггомау тымбылдзæсгом, ’ тымбылсæр лæппу. Йæ хæдон йæ астæуыл раздарæнау баст йæ дыууæ дысæй. Луарсаб мæм тынг хæстæг æрбацыд, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп мæм хъуысти. — Хъус-ма, ма сæ ауадз, цæй улæфт сæ хъæуы ньфма, кæм бафæлладысты? Æз ницы дзырдтон. Борикмæ кастæн: уымæн йæ хур- сыгъд чъылдымыл йæ дыууæ уæны æмызмæлд кодтой. — Цы ныхъхъус дæ! — тынг фæхъæр кодта Луарсаб 92
æмæ мыл æрбацæйхауди.— Ныртæккæ сæ тагъд фæ- стæмæ раздах! Æз мæ с’æр банкъуыстон, йе ’мныхасгæнæгимæ чи сразы вæйпы, ахæм лæг куыд банкъусы йæ сæр, афтæ æмæ мынæг хъæлæсæй загътон. — Раздахдзынæн сæ. Луарсаб афтæ фенхъæлдта, æцæг сæ раздахынмæ хъавын, куыддæр фæгæмæл и мæ разы æмæ мæм лæгъз хъæлæсæй æрбадзырдта. — Кæд? — Мæнæ куы баулæфой, æмæ хур куы фæкъул уа, уæД. • Борик хъæрæй ныххудти, цыма, уыцы ныхас кæд зæгъдзынæн, уымæ æнхъæлмæ касти. Луарсаб иу каст мæнмæ фæкодта, иннæ — Борикмæ. — Цæуыл худыс? — Дысон диссаджы фын федтон: цыма бирæгъ æр- цахстон йæ къудийæ æмæ... — Æз дæ дæ фынтæй нæ фæрсын. Цæуыл худыс?—ба- раст Борикмæ—æнахуыр ивазгæ къахдзæфтæ, æнæ- хъæн санчъехтæ. — Æвзæр фын нæу, нæ. Байхъус-ма. — Æз дын ахæм фын авæрдзынæн де ’хсæрфарсæн æмæ...— Луарсаб йæ галиу къух дард фæхаста. Борик æм къæпийæ бавзыста. — Гъей, Луа, Луа!.. — Аппар дæ къæпи! — Кæй лæппу дæ? Луарсаб ,ыл йæхи бауагъта. Борик æд къæпи алыгъд. Луарсаб æй асырдта. Борик лидзы, Луарсаб æй суры. Лæппу фæстæмæ фæкæсы, цыдæртæ сдзуры, Æвæццæгæн, ома, амортизаци хорз у, фæлæ къæхтæн аф- тæ пайда нæу. Гъеныр дыл цæлхытæ куы уаид къæхты бæсты... Дыууæ хатты æрзылдысты мæ алыварс, стæй Борик уæлæмæ, фæндаджырдæм фæцагайдта, Луарсаб ма йæ иудзæвгар ссырдта æмæ раздæхти. Уæззау улæф- *>3
гæ мæ иувæрсты æрцыд, цыма мæ зонгæ дæр нæ кодта. Стан уыди хæрзæфснайд. Пъолтæ — æхсад, тæрхæ- джытæ — хуылыдз хæцъилæй сæрфт, Быдыры судзгæ тæвды фæстæ доны тæф æхсызгон уыди зæрдæйæн. Тæрхæгыл рæбынæй — мæ уат: дыууæ тæнæг хъæццу- лы. Сæ иу—мæ уæлæ, иннæ — мæ быны. Нæхицæй мын сынтæг бæргæ æрæрвыстой, хуымæтæг æфсæйнаг сынтæг. Иу’æхсæв ыл схуыссыдтæн, стæй йæ Бисолта- нæн радтон. Хъæбæр вæййы, ай-гъай, фæлæ фæразын хъæуы. Уæдæ-иу хъæмпæн йæ сымæр смаг улæфæнтæ ’хгæдта. Райсом-иу стынафон рыг цæстытæ къахта. Баныхас кодтам бригады советы æмæ йæ акалдтам. Рудзынджы рæзты æрбауади Керым. Йæ сæр æмæ йын йæ уæхсчытæ ауыдтон. Æрбауад иннæ рудзынджы’ рæзты дæр, стæй уайтагъд дуарбахизæны алæууыд. — Дæ бон хорз!—хæстæг мæм æрбацыд.—Куыдтæ стут? — йæ цæст ахаста хуыссæнтыл.— Нæ уæ хъуыди уыщл хъæмп калын. Хъæбæртыл амæлдзысты кæйдæр сывæллæттæ. Фæлтау йæ рыгæн бафæрæзтаиккой. Бæр- гæ, гобæттæн уын исты амал... Æмæ гъа.— Керым сындæггаи араст и ’ддæмæ. Æз дæр йæ фæдыл. Хæри- наггæнæнмæ куы схæццæ стæм, уæд агмæ фездæхт, йæ сæр ын систа, æвгæнæнæй хæринаг сызмæ- ста. — Ай ницы. Амæй хуымы нæ ахæцдзыстут. Аслæн- бег,— сдзырдта мæм хъæрæй,—дæхæдæг дæр хъæддых- дæр фæлæуу. Хатт радомын дæр фæхъæуы. Иæхи адыл æй куы ауадзай, уæд... Уыдоны цахъхъæнты хæрдæй цы ’фсады... Хорз. Уымæ мæхæдæг мæ хъус фæдардзы- нæн. Ды мын иу хъуыддагæй феххуыс кæн, горæты адæм тыхсынц æнæ картофæй. Райкомы нын бахæс кодтой, цæмæй алыбон дæр иу машинæ картоф æрви- тæм...— Сæрдар мæм æбакаст йæ худ систа, къухсæр- фæн йæ ных, йæ даст сæрыл æруагъта. — Иу машинæ горæтæн цы фаг у? — загътон æзг 94
цыма нæ сæнраг дзырддаг, горæты цас картоф б’ахъæу- дзæн, уый уыди. Керым мын мæ цонгыл æрхæцыд. — Иннæ хæдзарæдтæ дæр ласдзысты... Фаг кæм и, фæлæ уæддæр гыццыл, кæм рынчындонæн, кæм сывæл- лæтты рæвдауæндонæн. — Æмæ нæ рувинаг куыд уыдзæн? — Рувинагыл дæр тыхсын хъæуы, уæдæ цы? Исты ’рхъуыды кæнæм. Кæнæ дзы иу кълас арвит къахынмæ, кæнæ та райсомæй — къахгæ, изæрæй — рувгæ. Афтæ, æвæццæгæн, хуыздæр у. Кæннод дын дыууæ раны куы уой, уæд тухæны хай фæуыдзынæ дæхæдæг дæр. Æз ахъуыды кодтон. Цыдæр зæгъинæгтæ мæм уыд, фæлæ сæ цыма дзурын нæ фæрæзтон. Цæй картоф къа- хынмæ нæ ’рвиты? Нæ куыстадон пъланы картофæн йæ кой дæр куы нæй... Намæ, гъа, иубон скъахдзыстæм картоф, фæлæ алы бон... — Афтæ уæдæ, нæ? — Керым йæ худ йæ сæрыл æр- кодта æмæ мæм йæ къух æрбадардта. Æз ын æнæдзургæйæ райстон йæ къух. Сæрдар куы ацыд, уæд къæбицьГ къулмæ иу зæронд асыккыл æрбадТæн. * Куыд куыстæуа афтæмæй? Сæрдармæ хъус, агро- номмæ хъус, уый фæстæ бригадиртæм, звеноводтæм... Уæд ма скъоладзауты бригад цæмæн у? Скъоладзау- тæй алкæй йæ ныййарджытæ йемæ ракодтаиккой æмæ иумæ куыстаиккой. Æз ма цæмæн хъуыдтæн ам? Цы- мæ Петр Петры фырт та куыд кодта, Пора? Хъуыста сæм, цы йын дзырдтой, уый кодта æви нæ? Æвæццæ- гæн, хъуыста, æндæр мæнмæ дæр афтæ комкоммæ нæ цæуиккой. Фæссихор бригадирмæ фæдзырдтон, Шотикмæ. — Бригады совет рамбырд кæн, æхсынцъыйы цур- мæ рацæут. Мæхæдæг раздæр ныццыдтæн обауы фæсчъылдым- мæ, мæхи æруагътон нæууыл. Кæсын æхсынцъы бæлас- 95
мæ. Цъиутæ йыл æмбырдтæ кæнынц. Цы кæной цъиу- тæ дæр? Быдыры бæлас — стæм. Æмæ цъиутæн æнæ бæлас цæрæн и?! Кæм æрбада, кæцæй стæха?.. Фæ- пæррæст кæнынц иу къалиуæй иннæмæ. Æрæппарынц сæхи дæллаг къалиумæ. Къалиутæ дæр хъæлдзæг змæлд райдайынц... Фыццаг æрцыди бригады хыгъдхæссæг Эльбрус, бæрзондгомау фидæрттæарæзт лæппу. Æдде бакæсгæ- йæ йе ’мбæлттæй хистæр зынди, стæй цыма йæхимæ æмбаргæдæр касти иннæтæй. Хъазгæ дæр искуы-иу хатт йедтæмæ нæ кодта семæ. — Æмбырд нæм и? — чысыл æддæдæр æрбадти нæууыл, йæ къандзол йæ фарсмæ æрæвæрдта. - О. Уый фæстæ фæзындысты Шотик æмæ Эдик. Кæрæдзииæ ницæй тыххæй фæхицæн уыдаиккой. Уæдæ бригады хъуыддæгтыл дæр иумæ архайдтой, цыма бригадирæй Шотикы нæ, фæлæ сæ дыууæйы иумæ рав- зæрстой. Иугæр Шотик искæмæн уайдзæф кæны, уæд- иу ныхас йæхимæ айста Эдик дæр. Шотик уыди бæрзонд, йæ цæсгом куыддæр цыппæр- дигъон. Иæ былты кæрæттæ чысыл хæрдмæ фесхъæл сты. Хур дæр ма афтæ сныв кæнынц сывæллæтты чин- гуыты. Эдикæн йæ сæр уыди даст. Быдырмæ рацæуыны хæдразмæ йæ адаста. Æвæццæгæн, ам йæ сæрыхил куы алæса, уымæй тарсти. Æмæ йын хуымæтæджы къæбæл- дзыг сæрыхил уыди! Ныр йæ сæрыл дардта иу хъæм- пын худы зæронд. Уыдоны фæстæ ’рцыдысты чызджытæ — Клавæ, Минтæ æмæ Зæлиго. Зæлиго дæргъдзæсгом чызг. Даргъ тæнæг фындз ын, йæ цæстыты цыма исты æнкъарддзи- ^ад бабадт. Мæнæ аргъуанты къултыл куы вæййы сыл- гоймæгты нывтæ. Æнкъардæй фæкæсынц сæ сыгъдæг цæстытæй. Уыдоны хуызæн мæм каст Зæлиго. Мадзура. Никуы йæ федтон ныхасгæнгæ, искуы-иу искæуыл цы 93
бабустæ кодта, æндæр. Лæууæн ын кæм уыди, уым кодта лæугæ. Лæууыдаид йæхицæн æмæ йæ даргь дзыккуйы кæрон тыхтаид йæ хистæр æнгуылдзыл, стæй- иу цыма исты фæхъуыды кодта, уыйау-иу дзыкку йæ фæсонтæм аппæрста. Фæлæ та йæм чысыл фæстæдæр кæс, æмæ та дзыккуйы кæрон тухы йæ хистæр æнгуыл- дзыл. Тухы йæ, фæлæ йыл нæ тых кæны... Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ ном дæр йæ зæрдæ- мæ нæ цыди: адæмы чызджытыл — диссаджы дзæбæх нæ\мттæ, ууыл та — Зæлиго. Чи йыл æй сæвæрдта, кæ- цæй ма æрхастой уыцы зæронд ном?.. Минтæ — даргъ æмæ лыстæг чызг, скъолайы фæском- цæдисы секретарь. Чызджытæ ’рбадтысты, Зæлиго ’лæугæйæ баззад сæ дæлфæдтæм. Клавæ фестад. Эльбрусы къандзол йæ уæхсчытыл æрбауæлæфтау кодта. Ног та æрбадт. — Сбад, Зæлиго.— Шотик йæ зонгуытыл рабадт.— Райдайæм уæдæ, Аслæнбсг... Æз сын радзырдтон сæрдары курдиаты тыххæй. — Цы зæгъдзыстут? — Шотик слæууыд, йæ цæст ныл ахаста, ногæй та сбадт. — Нæ пъланы картоф къахыны кой нæй,— загъта Эльбрус, йæ рæмбыныкъæдз зæхмæ сбыцæу кодта.— Картоф цас скъахтам, уый ничи базондзæн. Фæлæ нæ нартхор адæмы цæстыты раз ис. Райкомæй æрцæуой, обкомæй æрцæуой... Æниу æз афтæ нæ зæгъын. Ахъуы- ды кæн, фæлæ... — Чи ахъуыды кæна? — Ды... Мæнæ адон дæр...— Æвæццæгæн, фембæр- ста, цæмæн æй афтæ афарстон, уый. — Адон дæр? Æмæ дын мах картофы цъæрттæ стæм? — йæ бынатæй фестади Шотик. — Дæумæ та чи дзуры? — Эльбрус рабадти, йæ уæрджытæ æрбакъæдз кодта, йæ цæнгтæ сыл æрæ- вæрдта. — Æмæ мæм цæуылнæ дзурыс? Ай бригады совет/ 7 Хурвжндаг 97
у, æмæ хъуамæ иумæ баныхас кæнæм. Стæй-иу лæджы ныхæстæ райдай! Клавæ лæппутыл йæ цæстытæ схъулæттæ кодта. — Мæлæты лæгтæ! Ды дæр, Аслæнбег Астемыры фырт, цы кусын хъæуы/уый зæгъ, æндæр мах цы фæр- сыс? Петр Петры фырт мах никуы фарста. Цы кусын хъуыд, уый-иу загъта, æмæ ма фæстæмæ исчи кæсгæ дæр фæкодтаид, кæддæра... — Кæддæра цы? — бакастæн Клавæмæ. — Бæрæг ын уыдаид! Иухатт Эммæ.йы куы фæ- надта! -ч . — Эммæйы? — Мæ цæстыты раз февзæрди Эммæ — ныллæггомау, тымбылдзæсгом, тымбылцæст. Куклайы хуызæн. Ныр дæсæм къласы ахуыр кæны, уæдæ фарон фарæстæмтæй дæлдæр нæ уыдаид. Уæд æй куыд хъуа- мæ фæнадтанд? — Хъæумæ. йæ нæ уагъта, æмæ сусæгæп, колхозон- тæ цы машинæйыл цыдысты, уым сбадти. Дыккаг бон куы ’рыздæхт, уæд-иу ыл куы ныхъхъæр кодта, йæ цæстытæм-иу ын йæ къухтæ куы бахаста, дæ дыууæ цæсты, дам, дын дæ размæ раппарон? — Клавæ йæ ны- хасæй фæлæууыд, фæлæ йæм æз æдзæмæй кæсын, уый куы федта, уæд та бустæгæнгæ райдыдта: — Эммæ дæр æм комкоммæ бакасти, стæй азылд æмæ æнæдзургæйæ араст. Уый дын æм ма фæлæбура, йæ дзьткку йын ра- цахста, йæ тых-йæ бонæй йæ æрриуыгъта, æмæ чызгæн йæ уæрджытæ йæ быны фесты. Уæд ын уый æгъдау уыди? Йæхæдæг ныхъхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг, куыдз, дам, дыл рæйы? Мæхи мидæг, зæгъын... — Къыла, уæлахиз уæд дæ лекци. . Хорз æй ра- дзырдтай, наизусть,—йе уæхсчы сæрты йæм бадзырдта Борик.—Фæдæ? — Ничи дæ фæрсы,— чызг йæхи акъуырдта æмæ къандзолы йæхи ’рбатыхта. Цымæ йын уазал уыд? мæ хур бæстæ тæппал куы кодта. — Чи ма зæгъдзæн? Хылы тыххæй нæ,— картоф 98
къахыны тыххтй. Зæгь, Зæлиго,—йæ къух æм бадардта Шотик. — Алæ, стæй Зæлиготæ кæн... 3 Угъал фесхъиу-фесхъиу кæны, раст цыма йæ быны резннæ порти ис. Сопо иуран нал лæууы, тъæпп-тъæп- гæнгæ згъоры иу тракторæй иннæмæ. Кæлæнгæнæгæй • уæлдай иæу—трактортæй кæмæ баввахс вæййы, уый дзыхълæуд фæкæны. Сопо цъусдуг афæстиат вæййы йæ цуры, æмæ та уартæ ныййарц и иннæрдæм. Мах бадæм дæргъæй-дæргъмæ кæрийы алыварс: чи —^бедрайыл, чи — хъæмпы бындзыгыл, чи — белы- хъæдыл. Æнхъæлмæ кæсæм машинæмæ. Фæлæ маши- нæ нæ зыны. Знон дæр кæд æмæ кæд сæвгæдтам нæ картоф. Рувгæ ма цы акодтам? Фæйнæ рæгъы дæр нал схастой. Афтæмæй куыд уыдзæн нæ нартхор?.. Нæ дæле цы нарæг фæндаг и, ууылты æрбацæй- згъордта Сопо. Мæнæ, бадт кæуыл нæма уыд, ахæм байраджы хуызæн. Угъал æй цыма уромын.нал фæрæз- та, уыйау рулыл нындæгъди йæ дыууæ къухæй. Лæппутæ базмæлыдысты. — Гъе-гъе, Угъал, ауылты!.. ■Уалынмæ хъæмпы цъынайы фæсте рагæпп кодта Луарсаб, йæ ных сарæзта тракторы размæ. Йæ иу къухæй йæ худыл хæцыд, иннæ, цыма дзы куитæ ир- гъæвта, уыйау л,ардыл хаста. Угъал æй нæ федта æмæ размæ скъæрдта. Уынгæ дæр æй куыд фæкодтаид? Дыууæрдæм ракæс-бакæсмæ йæ ’вдæлди? Æнæуи дæр тыххæй æххæст йæ тракторыл. Луарсаб цы уыд, уымæй саджил фестад, фæлæ трактормæ дарддæр цы кæны, уыййедтæмæ хæстæг- дæр — нæй. Кæд къаннæг у, уæддæр машинæ у. Лæп- путæ фырцинæй сдыууæрдæм сты кæрийы алыварс. — Æтт-æтт, феййафы дæ! 99
— Хæц ыл, хæц ыл! — Луарсаб—мæ богал! Угъал, æвæццæгæн, лæппуты ауыдта — фæстæмæ фæкаст, трактор фæурæдта. Фæлæ Луарсаб йæ дугъæй нæ банцад. Цыма ноджы тагъддæр базгъордта. Ома, нæ, нæ, дæ бон базыдтай! 4 Чысыл фæстæдæр нæ уæлхъус алæууыд Сопо. Фæй- нæрдыгæй дзы æргæппытæ кодтой Луарсаб æмæ Угъал. — Нæма и машинæ, нæ? — йæ улæфт æй дзурын нæ уагъта, афтæмæй бафарста Луарсаб. Кæрийы цур æр- дзуццæг кодта, йæ къухты дзы иуцалдæр стыр карто- фы систа. Æрысгæрста сæ.—Æри-ма, нæ дзы афыхтат? — Ницы дзы афыхтам. — Æмæ дзы цæуыннæ афыхтат?" Афыхтаиккат дзы.— Картофтæ арæхстгай фæстæмæ кæрийыл æрæ- вæрдта, цыма æйчытæ уыдысты.— Хъус-ма,— цъусдуг цæуылдæр аджих. Афтæгæнаг уыд Луарсаб. «Хъус-ма» дын загътанд, стаей аджих уыдаид æмæ дын уыйфæстæ загътапд пæ зæгъинаг.— Цал машинæйы арвыстат? Авд? Нæ? Ныр алыбон дыууæ машинæйы æрвит, уæд хуыздæр нæ уаид? Колхозæн дæр пайда, сымахæн дæр. Зоныс, алы килæ дæр цалмæ нымайынц, уый? — Зонын. — Картофкъахæггаг цас фидынц, уый дæр зоныс? — -Уый нæ зонын. — Бирæ.— Æрбадт лæппутæй кæйдæр бынаты. Йæ арм йе ’нæдаст уадултыл суагъта хъавгæ, цыма йæ уа- дултыл хъуынты бæсты судзинтæ зади.— Картоф къа- хæггаг бпрæ фидынц, уæдæ уый зон. Æз æмбарын Луарсабы. Ома, самидин сæ кæнон æмæ къаддæр улæфой. Æвæццæгæн ыл æхсæв хуыссæг нæ хæцы, мах æгуыстæй куы абадæм, уый мæтæй. Бон- рæфты станмæ куы ’рбахауы, уæд нæ хъуамæ исты куыстыл бафтауа, фæлтау йæхиуыл дæр нал бацауæр- ды. Нæ йын сразы дæ, уæд æртхъирæнтыл схæцы, тæр- гай алидзы. Фæлæ та дыккаг бон цы уыд, уый фесты. 100
— Мах% картоф нал къахæм.— Эльбрус нæ фарсмæ æрлæууыди, йæ къандзолы ауындзæны йе ’нгуылдз атъыста къæпсыры хуызæн, йæ уæхсчы сæрты йæ ап- пæрста. Луарсаб фестъæлфыд, йæ цæртытæ мæм арæхстгай æрбазылдта, стæй та лæппумæ фездæхт. — Сабыр у... — Ай, сабыр, дам, у? — Сабыр у, гъо! Цы дæ хъæуы? — Къахут. уæхæдæг! Стæй хъуамæ нннæ скъолаты - бригæдтæ фыццаг бынат æрцахсой, мах та фæсте баз- зайæм!.. Борик йе ’рфгуытыл уæлæмæ схæцыд. Йæ фæйнæ къухы — дыууæ стыр картофы. Иу дзы сæппæрста, ацахста йæ æмæ йæхицæн дзурæгау загъта: — Иннæтæ се ’ппæт фыццаг бынат куы ’рцахсон, уæд... Эльбрус æм фæзылд. — Ма кæ дын зæгъын. — Æз дæр фыццаг бынаты кой кæнын. — Алчи йæ нартхор рувы, мах та кæмæндæр кар- тоф къахæм,— нал æнцади Эльбрус. — Хъус-ма,—хъæрæй загъта Луарсаб,—ныр алыбон дæр дыууæ машинæйы куы къахиккат, уæд хуыздæр нæ уаид? — Уый та сын дыууæ машинæйы!—йæ къандзол кæримæ фехста Эльбрус.— Хорз цагъайрæгтæ ссард- тат, нæ?! Луарсаб цыма тæрсгæ фæкодта уыцы ныхасæй. Сыстади æмæ гуыбыр-гуыбыр бараст и Эльбрусмаз. Алы къахдзæфæн дæр-иу йæ зæнджы фæтасæн чысыл - фефсæрста. — ’Цы загътай?! — Цы фехъуыстай, уый. — Ныр дæуæн аргъуц макæмæй кæн æмæ дын ацы бырынчъытæн сæ туг акал! — Луарсаб йæ къухы уæл- 101
фадæй фæлмæн батъæпп-тъæпп кодта Эльбруеы был- тæ. — Ма ’внал! — йæ къух ын асхуыста Эльбрус. — Ацы бырынчъытæн, ай,— ног та фæцæйхаста йæ къух Луарсаб. Эльбрус та йын йæ къухыл æддæмæ ахæцыди. — Ма мæм æвнал! Луарсаб йæ иу къухæй Эльбрусы къухыл фæхæцыд, иннæ къух та йын йæ былтæм байвæзта. — Адонæн, ай... мæнæ ацы... — цонг тынг ныйнвæзт, фæлæ нæй, былтæм не ’ххæссы. Æвиппайды Эльбрус куыддæр фæзылди, цонг асхуыста æмæ Луарсабы къух йæ тæккæ былтыл сæмбæлд. — Ацы бырынчъытæн, ай! Эльбрус туг ату кодта, бæстон æм ныккаст, стæй разылд Луарсабмæ. — Ныр амæн цы ми бакæнон?!—фæлæ æнæуи аф- тæ загъта, фæрсгæ никæй кодта. Февнæлдта йын йæ цонджы рæбынтæм æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй асхуыста. Луарсаб фæстæмæ азгъордта, размæ куыд фезгъоры, афтæ — стыр санчъехтæгæнгæ. Бæстон æм чи нæ ба- кастаид, уый афтæ фенхъæлдтаид: уæртæ та Луарсаб кæдæмдæр фезгъоры. Кæримæ ма йæ иуцалдæр къах- дзæфы хъуыд, афтæ фæуæлгрммæ. Къæхтæ хæрдмæ фæхъил сты. Цыма хаугæ нæ акодта, фæлæ лæппутимæ фæбыцæу, ома уæдæ ма, сымахæй исчи афтæ базонæд... Æвæццæгæн йæ къæхты бын исты фæци... Фестади, кæйдæр къухæй бел ,раскъæфта. Чызджытæ ныцъцъæ- хахст кодтой, æз мæхи йæ размæ баппæрстон,.лæппутæ ныл атымбыл сты. — Хъус-ма, иуварс! Иæ сæр ын афадон!—ацы хатт йæ ныхæстæ кæрæдзийы фæдыл загъта. Æз мæ иу къухæй белыл ныххæцыдтæн: цынæ вæй- йы.. — Йæ тæккæ сæр! Уæдæ йын йæ райгуырд куы ни- чима зоны, уæд мæм йæ къух куыд систа?!—Луарсаб 1#2
мæм комкоммæ ’рбакаст æмæ мыл ,йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кодта: — Иууылдæр дæ алхостæ сты, кæд мæ фæрсыс, уæд! Ахуыргæнæгæн нæ, фæлæ фиййауæн дæр нæ бæззыс! Дæ разы хъуамæ афтæтæ уæндиккой, дæ мæлæт хуыздæр нæу?! — Стæй бел тынг ариуыгъта.— Алар, цы йыл ныззезелæг дæ, суадз æй! Уыцы рæстæджы машинæ сындæг æрбазылди кæри- йы фæрсты, цалынмæ махмæ хæццæ кодта, уæдмæ лæп- путæй йæ гуыффæ айдзаг. 4 Цалдæр боны фæстæ нæм уыди фæскомцæдисон æм- бырд. Хицæн звеноты ’хсæн ерыс куыд цæуы, ууыл хъуамæ дзырдтаид бригаднр Шотик. Не ’гъдау, нæ уаг — ахæм . фарстыл та ныхас кодта фæскомцæдисон организацийы секретарь Минтæ. Скъоладзаутæ бадтысты стъолы алыварс, хæрдафон- иу куыд бадтысты, афтæ. Куыддæр Шотик æмбырд байгом кодта, афтæ Би- солтан æрбацыд æмæ мæ фарсмæ æрбадт. — Абон уыцы Сопойы шофыр — трактористты дæр шофыртæ-хуыдта Бисолтан — иу-æртæ хатты ам æрба- мидæг, Сопойы-иу уæзæджы къæйыл фæуагыа, йæхæ- дæг-иу фæтары. Уæд ын ам мыд ныччынди?.. Уагьылы цьтдæр æй хонынц. Скъоладзаутæ бахудтысты, чызджытæй чидæртæ кæ- рæдзийы хъусты цыдæртæ адзырдтой. — Фыццаг доклад хорз цæуы, дзæбæх доклад V,— Борик йæ алыварс аракæс-бакæс кодта.— Ахæм д.жлад Шотик нæ, фæлæ Луарсаб дæр не скæндзæн. Скъоладзаутæ ныххудтысты. Шотик йæ бынатæй фестад, йæ къухтæ стылдт;:. — Цæй-ма, басабыр ут, сывæллæттæ не стут! Э^ж, уым ма сæ басабыр кæн! — Уый та дзы Эдик! Нæ цæрдзыстæм?! Эдик, !Го- 03
тик, Бусик, Тусик!.. Пуй, уе ’рхъуыдыгæнæджы мыггаг аскъуыйæд! — Бисолтан мæм йæ цæстытæ сзылдта.— Мæнæ адонæй иу Хъулагъар хуынди,— кæмæдæр аца- мыдта лæппутæй.— Лæг нæ уыди, фæлæ — арвы Уацил- ла! Æмæ кæцы туджджынтæ бафидыдтаиккой æнæ Хъулагъар! Уый-иу йæ сæвджын зачъейыл йæ къух куы ’руагъта æмæ-иу афтæ куы фæкодта: «Хорз адæм, уæ рынтæ бахæрон!», уæд-иу æм адæм хъусынтыл фесты. Æмæ куыд æнхъæл дæ, уыйхуызæн номæй адæймаг æфсæрмы дæр кæны. Уæдæ Пусиктæ æмæ Тусиктæ дæр нæмттæ сты?! Скъоладзаутæ цыдæр æдзæмæй хъуыстой. Ничи сæ худгæ бакодта, ничи — змæлгæ. Æрмæст Шотик иу каст Бисолтанмæ кодта, иу — мæнмæ æмæ та-иу мæм йæ хъуыр-хъуыр райхъуыст. — Лæгыл хъуамæ йæ ном фидауа, уæдæ куыд æн- хъæл дæ? Мæ фыдыфсымæр Талхъан хуынди, зæрон- дæй йæ ’рыййæфтон, фæлæ-иу уæддæр йе ’рфгуытæ куы фæкъæлæсы кодта... Гъе-ей, мæрдты рухсы фæбадай! Дотто нæм уыд, Симон нæм уыд, Гаши нæм уыд, Боши нæм уыд! Уæдæ ныр цы нæмттæ авæрынц, уыдонæй хуыцау ма зæгъæд хæдзармæ бадзурын. Шотик йæхимидæг тыхсти, сыстад æмæ фæстæмæ сбадт. Бисолтан æм бакасти. — Агъæца, цæй сабыр бадут, хæрынафон дæр куы нæма у? — Æмбырд нæм и, Бисолтан,— мæ разæй фæцнШо- тик. — А-а, æмбырд? Æмбырд дæр хъæуы. Æмбырд ’ хорз у. Фæлæ нæ рауади хорз не ’мбырд. Иæ райдиан куыд схæццæ, афтæ нын хæццæйæ ацыд кæронмæ дæр. Шо- тичы дзурын нæ уагътой, куы-иуæм чи баппæрста йæ ныхас, куы—чи. Куы та Бисолтан. Уæлдай æмтъеры та дыккаг фарст рауад. Тарстæн, мæ зæрдæ йæ зыдта раз- вæлгъау, хъуыддаг иууылдæр Эльбрусы алыварс тух- 104
дзысты. Минтæ уал нын фыццаг фæскомцæдисон газе- тæй иу даргъ хабар фæкасти. Сыбираг студент —гео- лог, къæдзæхæй чи рахауд, ахæм цуаноныл куыд.фем- бæлд æмæ йæ æхсæв æмæ бон йе ’ккойы куыд фæхас- та, уын тыххæй. Уыцы миниуæг не скъолайы директо- рæй райста Минтæ, æвæццæгæн. Уый дæр афтæ кодта. Цыфæнды дзырдтаид, уæддæр-иу фыццаг хъуамæ исты бакастаид. Стæй-иу йæ цæстытæ фæтæпп кодтой, фæ- тæгены цырагъ куыд стæпп кæны, афтæ, æмæ-иу æнæ- дзургæйæ йæ цæст ахаста адæмыл, ома, федтат?.. Минтæ каст куы фæци, уæд газет бадыдæгътæ кодта æмæ бафарста: — Куыд уæм кæсы, ахæм уавæры Эльбрус куы ба- хаудаид, уæд куыд бакодтаид? Кæмæ уæ куыд кæсы? Зæгъут. Чи зæгъдзæн? Ды зæгъ, Борик. Борик сындæггай йæхиуыл схæцыд, Эльбрусмæ ба- каст. — Æз ын цы зонын, мæнæ йын йæхи бафæрсут. — Дæумæ куыд кæсы? — Мæнмæ куыд кæсы? Афтæ мæм кæсы, цыма зын раны цуаноны нæ, фæлæ Луарсабы дæр нæ ныууадз- дзæн... Фæйнæрдыгæй ныххудтысты. Эльбрус бынты бакаст Борикмæ. — Ма кæ дын зæгъын. Стæй фæрсын райдыдта Минтæ иннæты дæр: — Дæумæ та куыд кæсы? Алчидæр-иу сыстад æмæ-иу дзуапп радта цыбырæй. Сæ фылдæр уыдысты Эльбрусы фарс. Фæлæ дзы йæ ныхмæ дæр чидæртæ уыд. Фæстагмæ дыууæтæ нынны- хæй-ныхмæ сты: — Иæ йæ ныууагътаид! — Ныууагътаид æй!.. — Куыд æй ныууагътаид?!. — Куыд æй ныууагътаид, куыд, дзæбæх! Æрæджпау Эльбрус фестад йæ бынатæй. 105
— Ныууагътанд, ныууагътаид!.. Мæ мæлæт хуыздæр, кæд та сымах бæрц дæр нæ феххуыс кæнон искæмæн, уæд. Луарсабы кæй... Луарсабимæ... Кæй фæхыл дæн,. ’уый та мæ аххос цæмæн кæнут?! Нæ федтат, мæ был- гы туг мын куыд акалдта, уый. Уæдæ ма цæуыл дзу- рут?! Эльбрусы фæстæ иичиуал ницы дзырдта. Ныссабыр сты. Стæй та сыстад Минтæ. — Мæнмæ фæндон ис; цæмæй Эльбрусæн карз æф- хæрд рахæссæм. — Цæй тыххæй? Зæгъ æй, цæй тыххæй?! — Эльбрус фестад æмæ стъолы сæрты тынг æрбагуыбыр Минтæ- йырдæм. Бпсолтан уæззаугай мæнырдæм разылд. — Алæ, уа.щон æфхæрд нæу? Æмæ ма истæй тых- хæй дæр к>ы уаид, фæлæ Луарсабы тыххæй... Тæри- гъæд у лæппу!.. — Эльбрус раст зæгъы: цæй тыххæй?—Дзурынмæ нæма хъавыдтæн — уадз æмæ уал сæхæдæг дзурой,— фæлæ та Бисолтан ныхас пæхимæ куы айса, уымæй æдас нæ уыдтæн.— Раст уымæй у æмæ йын йæ азым пичн бацамыдта нырма, афтæмæй йын сфæнд кодтат æфхæрд рахæссыы. Цæмæй у аххосджын? Луарсабы кæй асхуыста, уымæй? О, уымæй дæр у аххосджын. Фæ- лæ сæйраг дзуринаг у, Эльбрусыл цы низ фæзынди, уый. Уыцы низ у хиуылфервæссын. Адæймаг йæхицæй разы куы вæййы, йæхимæ. рæсугъд куы фæкæсы æмæ тых- джын æмæ ноджы зондджын. Уыцы низæн фæхъæстæ ис. Æндæр ын чи бафæдзæхста не ’ппæты номæй дзу- рын, чи йæ равзæрста Луарсабимæ нæ ныхасы лæгæй? Чи зоны, æмæ Минтæ карз æфхæрд кæй хоны, уый йын исты феххуыс уа, æмæ афоныл адзæбæх уа йæ низæй... Тæвды фæхуыссæгсаст дæн, æвæццæгæн. Улæфæн нæй хатæиы. Дуар байгом кæнин, æмæ нæм уæд та 106
исты æрбацыд мидæмæ. ,Æмæ нæм, уæвгæ, цы хъуамæ æрбацæуа, цы и ацы тыгъд быдыры? Нæй, уæддæр нæ бауæндыдтæн дуар бакæнын. Хъуыдытæ фæллад най- йæгтау уæззау зилынц кæмдæр сæры мидæг, удыхосæн æнцой нæ дæттынц... Цæмæн рахаудтæн ардæм? Цы мæ нæ уагъта? Нæ мын дзырдтой фæйнæрдыгæй? Ке- рым дæр ма мæм куы басидт дыккаг бон. — Дæ хтуыддæгтæ куы нæ цæуой, уæд дæхæдæг дæр" тыхсдзынæ, мах дæр тыхсын кæндзынæ. Ахъуыды кæн. Скъолайы æнцондæр у, скъола уæддæр. скъола у. Уым та... Иннæ ахæм мæ фыд. Мæ бацыдмæ не схуыссыд. Уый та йæ кæцæй базыдта? Бадти нæ сæрдыгон хæ- дзары. Цалынмæ хæргæ кодтон, уæдмæ мæм ницы сдзырдта. Стæй йæхиуыл схæцыд. — Гъа, æз æрулæфон.— Фæлæ йæм цæуынвæнд нæ уыд, афтæ лæууыд къæсæры ахизæны. Æрæджиау ме- рдæм æрбакаст.— Дæхи фæндыд? — Нæ. — Уæдæ цæмæн сразы дæ? Нæ дæ хъуыди разы кæ- нын. Зæхх æмæ адæмы бæрны бацæуын стыр хъуыд- даг у. Фыццаг бон станы алыварс бафснайдтам, уæле оба- уыл сарæзтам цалдæр даргъ бандоны, фæстæмæ анцой- гæнæн кæмæн вæййы, ахæм бандæттæ. Агъуысты раз- мæ æрбаластам лыстæг хуыр æмæ йæ ныллæгъз код- там. Чьырæй сцагътам мидæгæй-æдде. Афтæмæй нæ æрæййæфта Керым. Æрзылди кæрты къуымты, бауади мидæмæ æмæ фæстæмæ фездæхт. — Ардæм куы цыдтæн, уæд хъуыды кодтон: цымæ цæмæй райдайдзынæ? Æхсызгон мыы у. Æнæгæды зæгъын. Æндæр ницы загъта уæд Керым. Мæнмæ цы фæкомкоммæ сты уыцы изæр. Цалдæр азы сын хорз куы уыд Пора. Уæдæ нæ дпректор та уы- 107
мæй цы ’мбырды нæ раппæлыд, уый æмбырдыл нæ ба- нымадтаид. Æфсæддон лæг уыд нæ директор. Хæсты рæстæджы дæлбулкъон сси, фæлæ йын размæ ннцуал æнтыст, æмæ уæд ныууагъта йе службæ. Фæсаууонмæ каст фæци ахуыргæнджыты институт, фæлæ йæ удыхъæд, раздæр цы уыд, уымæй баззад — салдат. Алы ран агуырдта фидар æфсæддон æгъдау. Ома, скъоладзау ахуыргæ- иæгмæ фæстæмæ исты сдзура — бæстæ-иу загъдæн бай- дзаг кодта. — Ды чи дæ? ДьГдæ ахуыргæнæг. Уый та чи у? Уый та у скъоладзау! — Хъæр-иу систа Цомай æмæ-ну йæ цæстытæ ныйирд кодта, цыма зæххыл цы нæма ’рцыд, ахæм диссаг раргом кодта’ адæмæн... Йæ уæлæ дæр сæрдæй-зымæгæй дардта æфсæддон хъуымацæй галифе хæлаф æмæ кител. Сыстадтæн æмæ æддæмæ рахызтæн. Асиныл уæлæ- мæ ссыдтæн станы уæллаг фарсмæ. Уым бандоныл мæ- хи ауагътон. \Кæсын фæйнæрдæм. Арвы кæрæттæ нæ зынынц, зæххимæ баиу сты. Уæртæ не стан. Цымæ йæ чпдæр хъæбæр кърандасæй æгъуыз гæххæттыл аныв кодта. Кæсын æм, куы ма пæ ауынын, куы — нал... Сте- фæ мæ рæзты æруади. — Стефæ! Уый мæм цæугæ-цæуын’ фæкаст, фæлæууыд мæм. Скъолайы фæстæ дæлбылы суадонмæ цы къахвæндаг ис, ууыл тæссармæ ныууадыстæм. Ныхæццæ стæм. Сте- фæ йæ æрмттæ къусгбнд авæрдта, систа суадонæп æмæ мæм æй æрбадардта. Мæ фындзыл сæмбæлд доны уа- зал æмæ Стефæйы къухты хъарм тæф... — Уæуу, мæ бон куыд бакалд! Нал дæр Стефæ, нал дæр суадон. — Бахордта мæ, калм мæ.бахордта! Фесхъпудтон, бандонæй рахаудтæн. Фестадтæн. Са- райы кæрон Бисолтаны хуыссæнтырдыгæп хъуырдухæн цæуы. Фæуайын æм. 108
— Цы кодтай, Бисолтан? — Фесæфтæн, уæдæ! Калм мæ ныццавта! Фæзылдтæн, уырдыджы нызгъордтон мотормæ. Ску- сын æй кодтон. Фæстæмæ сызгъорын. Дард нæ ацыда- ид, ссарын æй хъæуы. Йæ сæр ын... Калм... Лæппутæй чидæртæ мæ разæй фесты. — Цы ’рцыди, Аслæнбсг, Ас... — Бнсолтаныл калм фæхæцыд! Чысыл фæстæдæр станы ничиуал аззад. Лæппуйæ- чызгæй æртыгуыр стæм Бисолтаныл æмæ йын радыгай æдзынæг кастыстæм йæ хистæр æнгуылдзы зæрдæмæ. — Дæндаджы фæд ыл куы никуы зыны,— Шотик фыццаг мæнмæ ’рбакаст, стæй Бисолтанмæ. — Калм уыди, калм, мæ уд, бирæгъ нæ уыд. Йæ хæст ын ма агур. Йæ дæндаг судзины бырынчъы йас фæтъыссы... Уас ын мæ тæригъæд куы баззаид! Бирæ фæцагуырдтам, фæлæ ницы ссардтам, æвæц- цæгæн, искуы хуынчъы абырыд. Эдик кæцæпдæр ДТ- йы магнсто систа, иуварс лæууыд, æрзылдта-иу æй æмæ та-иу йæ цæхæр акалди. Ног та æртыхстыстæм Бисолтаныл. Чызджытæ йыч йæ зæнг цыдæр бæттæнтæй бастой, хъæстæ уæлæмæ куыд нæ ссæуа, афтæ. Клавае сыл бустæ кодта: — Уым нæ, мæнæ уыцы ран. Никуы нпцы федтат?.. Алхъив æй ноджыдæр. Дысон ’æххормагæй не схуыс- сыдтæ! Лæппутæм дæр æрхауд йæ уайдзæфтæп: — Гъæ, дæдæй, æуый ссарынæн нæ баисты. Æрца- гурут æй, ам искуы уыдзæн, калм йедтæмæ ма исты у? Бисолтан бадти йæ хуыссæны. Йæ сæр бæрзонд бæргæ дардта, фæлæ йæ цæстыты цыдæр тæригъæддаг тас нындзыг. Йæ мадæй кæй баиртасынц, ахæм роды каст кодта. Цыма ныртæккæ ныууасдзæн. Клавæ мæм æрбауади, мæ рæмбыныкъæдзм’æ мын æрбавнæлдта, ихæнриз скодтой йс уæнгтæ. — Сау бон мыл! Ныр хъæстæ калм куы уа, уæд йæ 109
къах лыггæнинаг нæ фæуыдзæн? Дыууæ къахыл дач) нæ фæразы цæуын, уæд иу къахыл... Дудгæ бадай, Би- солтан!..— Чысыл фæхъус, стæй лæппутыл йæ ца*ст ахаста.—Лæппутæ, калонæмæ ма бауапут, кæд дзы машинæ уаид, кæнноддæр Сопо... Æз аджих дæн. Лæппутæ мыл акъордтæ сты. — Ацæуæм? — Ацæут... Æз ногæй райгом кодтон Бисолтаны къах, фæкас- тæн æм цырагъы рухсмæ — уæлдай нæ фæци. — Риссы? — Иæ риссы æмæ цы? — Куыд цы? — Уый рисгæтæ-йедтæ нæ фæкæны, нæ. Цалынмæ йæ марг зæрдæмæ схæццæ уа, уæдмæ йæ зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Стæй уыцыиу цæф ныккæны æмæ лæг йæ тыбыртæ цæгъдыыыл ныллæууы. Уæдæ! Дыккаг бон нын хуыммæ рацæуын нал æнтысти. Иутæ-иу рацыдысты, иннæтæ та-иу баздæхтысты. Æрæ- джиау ратымбыл стæм. Хордоны тигъæй нæ размæ фæ- ци Бисолтан. Цыма иннæ бонтæй цæрдæгдæр уыд, ком- коммæ мæ размæ æрбауад. — Цы уыдаид, уæдæ? Искуы ахæм диссаг чи фед- та, уымæн йæ мыггаг аскъуийæд!—Йæ цæстыты æм- хæццæйæ зылдысты æгъуыссæг æмæ цин. Расыг лæджы хуызæн зынди æдде бакæсгæйæ. Хордонæй чысыл , уæлдæр агæппæввонг лæууыди Сопо. Дысон æй уайтагъд æрбахæццæ кодтой. Угъалы фæстæмæ нал ауагътам. 6 Цы хуызæн лæппу у ацы Гасбар? Цыма йæ къам исы, æдзух уыцы хъавгæ бадт кæны. Иннæ лæппутау 110
æй æнæ хæдонæй дæр никуы фендзынæ. Куысты йыл цы æгъуыз цъындахæдон вæййы, уып станы раласы, йæхи иыхсы æмæ йа^ цъæх чырынтæ хæдон скæны. Стæй хибарæй сбады æмæ йæм цыма фæйнæрдыгæй къам- исæнтæ ныддардтой, ахæм кæстытæ райдайы. Иннæ ахæм йæ хъæлæс. Нæ чызджы хъæлæс у, нæ — лæппу- йы хъæлæс. Барæй афтæ дзура, æмæ куЬщ и афтæ гæ- нæн? Кæннод æй хъæугæ та цæмæн бакодта, афтæ дзу- ра, уый?.. Уыцы изæр куыд ныллæууыд директоры ныхмæ! Намæ сæм мæ кой куыд рауад? Æз бригады æмбырд- мæ дæр куы нæ ацыдтæн. Æмæ дзы цæмæ цыданн? Ин- нæ азты куыд вæййы, афтæ та ныр дæр цалдæр хъуы- дыйады æнæбары бæстытæ ныккæндзæн бригады хъо- мылгæнæг Пора,— скъоладзаутæ йæ Петр Петры фырт хонынц,-— цалдæр нымæцы зæгъдзæн: нартхор алы гек- тарæй дæр райстам уый бæрц æмæ уый бæрц. Цъæх хъæдур æркарстам... Ранымайдзæн цалдæр номы. Уый фæстæ скъоладзаутæй дæр исчитæ радзурдзæн—радзу- рын сын кæндзæн директор Цомай, стæй сыстдзæн æмæ зæгъдзæн: — Дирекци æмæ партион организаци фæндон хæс- сынц, цæмæй брпгадæн хъомылгæнæгæй ногæн æвзæрст æрцæуа Химанты Петр Петры фырт. Скъоладзаутæ сæ къухтæ сдардзысты уыцы фæндоныл... Афтæ уыди цал- дæр азы фæд-фæдыл. Ахуыргæнджыты уаты ничиуал аззад: чи æмбырдмæ ацыд, чи сæхимæ. Æз æрбадтæн дæргъæй-дæргъмæ стъолы кæрон. Мæ разы æрæвæрдтон скъоладзауты тстрæдтæ. Уыцы рæстæджы дуарæй æрбахызт Стефæ. Мæ иувæрсты æрбауад... Уддзæф мыл æрбаулæфыд, уыгæрдæйнаг уддзæф... Йæ фæдыл кæсгæйæ аззадтæн. Рудзынджы раз зæнгтæ æнгом алæууыдысты, сæ нуæрт- тæ фæтынг сты, Стефæ бæрзопд сæвнæлдта уæлвæй- нæгмæ, цыдæр чиныг дзы райста, фæстæмæ фсздæхт æмæ та мыл уддзæф ногæй раулæфыд... Иæ дзыкку 111
ногнай мæнæуы хъæмпы хуызæн, иухуронæй кæй ба- найчынди, ахæм мæнæуы. Цæхæртæ калы... — Стефæ, уыцы дзыкку дын кæм уыди? Уый дуармæ нал ахæццæ, фæзылд мæм. Иæ цæсты- тæ мæм фæтынг кодта. — Иннæ адæмæн кæм вæййынц? — Æмæ-гъа. Кæмæн сæ исчи радты, чи сæ армукъа- йы балхæны... Афтæ йын зæгъдзынæн, уын æнхъæл нæ уыди. Ба- худт. Йæ уадултæ фæдзыхъхъ сты æмæ сæ сырх стъæл- фытæ амбæхст. — Æз дæр æй балхæдтон.— Стефæ дуарырдæм фе- здæхт, фæцæйцыд, фæлæ йын акъахдзæф кæнын нæ бантыст. Иу каст ма мæм фæкодта, стæй йæ сæры- хъуынты йæ тымбыл даргъ æнгуылдзтæ фæтъыста, йæ сæр ныууыгъта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ йе уæнтыл ракалди дзыккуты зæй. Зæй йæ цæуын, йæ зæу-зæуæй нал æмæ нал æнцади. Нæ хъуыды кæнын, мæ бынатæй куыд сыстадтæн, Стефæйы цур куыд æрлæууыдтæн. Бавнæлдтон дзыкку- тæм, мæ арммæ сæ æрбайстон... Цы фæлмæн, цы лæгъз уыдысты!.. Нартхоры зæлдаг чысыл куы фæхус вæййы, уыйхуызæн, къухы ирвæзтытæ кодтой. Чызг фезмæлыд, дзыкку атахт къухæй. Æз джихæй баззадтæн. Нæ фед- тон, Гасбар мидæмæ куыд æрбахызт, уый. — Аслæнбег Астемыры фырт, æмбырдмæ цæуылнæ цæуыс? — Цæй æмбырдмæ? — Бригады æмбырдмæ. — И?! Гасбар фæуыргъуыйау. Фыццаг Стефæмæ бакаст, стæй та ногæй — мæнмæ. — Скъоладзауты бригадæн æмбырд нæй? Æмæ ды цæуылнæ цæуыс? — Гъа-а, цæуып, цæуын!..— Æмæ æнæбары араст дæн йæ фæдыл, мæ армыл баззадн Стефæйы дзьтккуты 112
’рттиваг лæгъз æмæ та-иу æй ме ’нгуылдзтæй асгæрс- тон. Скъоладзаутæ фестадысты. — Сбадут,— цыма сæ искæй уадул ракъæрцц кæ- нынмæ хъавыд, уыйау йæ арм фæхъил кодта директор. Бамбæрстон — йæ гаччы нæй. Æз æрбадтæн кæройнаг партæйыл. Гасбар æрлæууыд директормæ хæстæг. — Аслан Астемыры фырт,— дзургæ мæм æрбацыд Цомай,—Маккойы-фырт фæндон бахаста, дæу брига- дæн хъомылгæнæгæй сæва^рыны тыххæй. Цы зæгъдзы- нæ? — Мæ фæндон нæу, не ’ппæты фæндон у. Бафæрс- ма сæ. Æз фæкастæн Порамæ. Уымæн цыма йæ худын йæ былтыл хæлгæ фæкодта, æмæ йын йæ аразын нал зыд- та. Змæлд нæ уыди йæ худты, улæфт ын дзы нæ уыди. Куыд базыхъхъыр, афтæмæй баззад. — Æз сын загътон — нæ бакусдзынæ, нæ сæ уыр- ны. Дæхæдæг сын зæгъ.— Цомай мæм бынтон хæстæг æрбацыд. Гасбар скъоладзаутыл йæ цæст ахаста, мердæм æр- бакъахдзæф кодта. — Аслæнбег Астемыры фырт, зæгъ... — Ды та йын дæхи цы схицау кодтай?! Чи дæ ды? Дькдæ скъоладзау. Уый та чи у? Уый та у ахуыргæ- нæг. Цы хъуамæ загътаин æз? Куыд хъуамæ ныллæууы- даин скъоладзауты бригадæн хъомылгæнæгæй? Мæ цæрæнбонты дæр мæм ахæм хъуыды куы ннкуы уыд. Ногæй та фæкастæн Порамæ. Иæ худын куыд ныссагъ- ди уыцы иу ран. Мæнæ дзоныгъ унсты æлвасимæ цъы- фы куыд ныссæдза, куыднæуал размæ кома ласын, куыднæуал фæстæмæ, афтæ уыди Порайы худты хъуыддаг дæр. Æрæджиау йæ къух спста, аууæрста йæ былтæ, йæ роцъо, йæ фындз. Стæй йæ хъæлхъæладжы хъихъыр амбæхст дæллагхъуыр, æмæ мæм афтæ фæ- 8. Хурвæндаг 113
каст, цыма йæ худьш атымбылтæ кодта æмæ ’йæ нын- нихьуырдта, тыхныхъуырд. — Мæнмæ цы кæсыс? Æз дæ æнæ уадзгæ нæ дæн, фæлæ дæ æз куыд зонын, афтæмæй, нæ зонын... Алчи уæ йæ къласимæ куц нæ фæразы кусын, уæд... Директор æм йе ’ргом разылдта. — Уæдæ ме ’нæзонгæ "куы уаиккой, уæддæр ма — гъо! Фæлæ сæ æз алкæйдæр дзæбæх куы зонын.—По- ра чысыл фенцад, стæй та пæ къух фæхъил кодта.— "Цоман Дудайы фырт, ам ма иу хъуыддаг и: колхозы дæр дзы афæрсын хъæуы. Сымах æй хъомылгæнæг хо- нут, фæлæ йæ уыдон та брпгадир хонынц. Мызд’ын фи- дынц. Бригадир у уый, бригадир. Æмæ дзы колхозы афæрсын хъæуы. Адон афтæ æнхъæлынц... — Æз разы дæн,— сыстадтæн æмæ партæйæ æддæ- мæ рахызтæн. Директор мæм йæ цæстытæ ныццавта. Йæ бæрзæй цыдæргъуызон слæсти йæ кителы æфцæгготæй. Æвип- пайды мæм афтæ фæкаст: ьыртæккæ цы у, уымæй иу- уылдæр слæсдзæн йе ’фцæгготæй... Диссаг: æз быдырмæ ацæуон, уый йæ цæуылнæ фæндыд? Хорз куы уыдта, скъоладзаутæ мæныл зæр- дыйæдæр кæй сты, мæхæдæг дæр сæм хæстæгдæр кæй дæн Порайæ... Æппын ницы, фæлæ ахуыргæнæг куыд сСи Пора, уый дæр нæ зыдта? Æмæ йæ æгас хъæуы чи нæ зыдта, ахæм дзы куынæуал баззад. Хæсты фæстæ ам быдыры цы цаядæр бригады уыд, уыдонæй иуæн хыгъдхæссæгæй куыста — æз æй уæдæй нырмæ хъуыды, кæнын. Иу дуджы йæ кой нал фæзынд. Дыууæ-æртæ азы фæстæ æрыздæхт йæ уæле — æлыг- гъуыз æфсæддон хъуымацæй гæлифе хæлаф æмæ хæ- дон, йæ къæхтыл—æрттиваг цырыхъхъытæ. Уæдмæ мах дæсæм кълас фестæм, нæ гæххæттытæ институт- мæ ’куы ахастам, уæд Порайы уым баййæфтам, инсти- тутмæ, дам, цæуын, физикон хъомылады факультетмæ. Ме ’мбал Зæрæби скъола майданимæ фæци, йæ гæх- 114
хæттытæ хуызджын згъæрты институтмæ балæвæрдта. Ууыл бафтыд Пора, мæ бæсты, дам, фæлварæнтæ ратт. Зæрæби исдуг нæ куымдта, стæй йæ куынæуал уагъ- та, уæд сразы. Уыцы бонты-.иу Пора Зæрæбийæн дзырдта: — Фæлварæнтæ дзæбæх ацæуæнт, æндæр дæ мæхи нæ бамбæхсдзынæн. Ау, йæ бинонтæ амæла, костумты аргъ — афтæ-иу дзырдта «костумтæ», стæй ныр дæр афтæ дзуры,— дыууæ туфлийы аргъ —уыдон мæнæн цы сты? Ацы ахуырмæ мæ зæрдæ æхбайы, уыййедтæмæ ныртæккæ мæнæн æхца акусын ату кæнынæй æнцон- дæр у. Фæлварæнтæ фесты, Пора бахауд, стипенди дæр ма йын снысан кодтой. Ахуыр куы райдыдтам, уымæн мæм йæ дыккаг бон æрбацыд æмдзæрæнмæ. Æрбадти, афæр- стытæ мæ кодта, афтæ уæлæнгæйтты, стæй мæм æл- хынцъæрфыгæй æрбакаст, йæ амонæн æнгуылдз мæм цыдæр æнахуыр дард æрбакодта.— Макæй * цур мацы срæдийай.-Уый дæм хъазæн хъуыддаг ма кæсæд. Лæп- пу йæ ахуырæй фæхаудзæн, æндæр мæнæн та цы? Кæд мын снсой ме стипенди. Æмæ дзы цы кæнын? Фæлæ Зæрæбийы, сæ бон у, æмæ ахæстоны дæр баппарой. Макæй цур мацы срæдийут, ма фесафут мæгуыр лæп- пуйы,— йæ сæр фæйнæрдæм тылта, афтæмæй дзырдта Пора.— Фæрæдыдтæн. Чи. зоны, мæхæдæг дæр радта- ин фæлварæнтæ. Чи зоны, нæ фæлæ гыццыл куы ба- цæттæ кодтаин, уæд уайтагъд радтаин. Цас дæттинаг уыдысты? Уæдæ ныр исчи ахуыр кæндзæн мæ бæсты? — Гъа-гъа-гъа, Луарсаб æй стæры, Луарсаб æй стæры! — Советон Цæдисы Луарсаб! Фæкастæн лæппутæм. Æмбырд кæмдæр фæсте азза- ди. Дард кæмдæр. — Летчик у, летчик Луарсаб! — Летчик нæ фæлæ самолетчик! 115
— Амортизаци-и!.. Бæлæсты бын фæндагæй разылд æмæ къахт зæххрлл махырдæм æрбараст стыр уæзласæн машинæ. Шофыры бынаты бадти Луарсаб. Лæппутæ хъæрахстгæнгæ йæ размæ ныххæррæтт кодтой. Уайтагъд чи гуыффæмæ схызт, чи кабинкæмæ бахизæны алæууыд. Машинæ кæримæ æххæст нæма æрбахæццæ, афтæ цæхгæр фæлæууыд, цыма йæ хъуыры исты абадт. Луар- саб гом рудзынгæй йæ сæр радардта. — Æдылы митæ ма кæнут, стæй æдылы митæ кæ- нут! Уый фæстæ сындæггай дуар байгом, лæппутæй чи зæхмæ -æргæпп ласта, чи дуарыл ауындзæгæй аззад. Луарсаб æрхызт æмæ кæримæ фæдисы цыд бакодта, картофты уæлхъус йæ хъæмпын худ фелвæста. — Æндæр не скъахтат? Уæдæ иннæ машинæйыл та цы аласдзысты? — Р1æ алыварс йæ цæст ахаста. Суыд- та иннæ кæритæ дæр. Йæ худ йæ сæрыл акодта.— Гъо-о, уартæ ма скъахтат, уыдон фале ма ноджыдæр скъахтат, дыууæ кæрийы ма скъахтат ноджыдæр,—къу- хæй амыдта йæхицæн искæмæн амонæгау Луарсаб. Хур зына-нæзына фæкъул, дыууæ машинæйы сæ гуыффæтæ сæ тæккæ дзаг, афтæмæй ысхæц-ныххæцгæн- гæ араст сты горæты фæндаджырдæм. Кæриты бынаты ма цы æвзарæнтæ аззад, уыдон картофыхъæдтæй бам- бæрзтам æмæ улæфынмæ ацыдыстæм. Станы раз лæууыди Сопо. Угъал йæ дыууæ къухæй рулыл хæцыди æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Йæ дзыхы лыстæггомау бапъироз. Æз йæ цурмæ нæма ба- хæццæ дæн, афтæ станы дуарæй кæрæдзийы фæдыл ра- хызтысты Луарсаб^мæ Боскъа, сæ хъæбысты холлаг хæссæгау хастой, урс дæргъытæ цъæрттæ кæмæн уыд, ахæм гобæттæ. Сæ дыууæ дæр сæ Сопойы гуыффæмæ баппæрстой æмæ та станмæ баздæхтысты. Райхъуысти скъоладзауты хъæлæба. Æз атагъд кодтон мидæмæ. Тæккæ къæсæрыл мыл хæрхæмбæлд фæци Боскъа. Иæ 116
развæндаг нæ уыдта æмæ-иу йæ хæссинаг куы иу фар- сырдæм азылдта, куы — иннæ фарсырдæм. Уалынмæ та дуарæй разынди гобæттæ, нæ дзы цы- дысты, ныффидар дзы сты. Мидæгæй сæ чидæр æддæ- мæ тъыста. Æз гобæттыл рахæцыдтæн, уыдон федде сты. Луарсаб сæ фæстæ разгъорæгау кодта, йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ гобæттæ йæ быны фесты. Æз ыл схæцыдтæн. Уый мæм хæрдмæ скаст. — Ахæриккат уый хуызæн фæлмæн гобæттæ! — сы- стад, мæ разы æрлæууыд æд гобæттæ.— Уартæ æхсæ- вæй-бонæй йæ туг чи калы, уыдон сæ фæрсчыты хъæ- бæртыл хуыссынц.— Иу гобан дын дзы ныууагътон, фæлæ дын æй уыцы мæлинæгтæй мачи адавæд. Трактор йæ бынатæй нæма сызмæлыд, афтæ сара- йы тигъæй æрбазынд сæрдары машинæ. Тракторы цур æрлæууыд. Керым рахызт, йæ худ йæ къухы. — Уыцы гобæттыл тæргай фестут, цæуылнæ сæ ахæссут мидæмæ? — Мидæгæй куы уыдысты,— сабыр загътон æз. — Æз дын æй æргом зæгъдзынæн: гобæттæн ам ныууадзæн нæй.— Луарсаб йæ алыварс тарст ракæс- бакæс акодта, цыма йыл исчи дур æрбахсинаг уыди/ — Уæдæ? — Мæн тыххæй фæнык фæуæнт æмæ цæмæн фæуой фæнык — уартæ боныцъæхтæй сау талынгтæм йæ туг чи калы, уыдон хъæбæртыл мæлынц. Адæмы къæбæда- тæ та фæлмæнтыл хуыссой? Акæс-ма, гъа.— Луарсаб гобæттæ æрысгæрста. Боскъа дзургæ ницы кодта, фæлæ Луарсаб куыд дзырдта, афтæ йæ сæр тылдта, сæрдармæ-иу бакасти. Керым йæ худы уæлармæй йæ хæлафы рæзтæ æрцагъ- та, мердæм æрбакасти. — Кæм сты, кæ? Зæгъ лæппутæп, мæнæ гобæттæ мидæмæ ахæссой! Уайтагъд æддæмæ ракалдысты чызгæй-лæппуйæ. Тракторыл амбырд сты. Фæлæбурдтой гобæттæм, фæй- 117
нæрдæм сæ аивæзтой. Сусæгæй кæрæдзимæ цыдæртæ дзырдтой. Худтысты. — Сындæг сæ исут, иу дæр дзы куы аскъуынат!.. Æнæуи дæр уæм мæ дæндаджы къæрттытæ хауынц, уый зонут,— Луарсаб сæм йæхи баивæзтытæ кодта, фæлæ йæ Керым баурæдта. — Уадз сæ. Кæдæм скъуыйдзысты дзыхъхъынног гобæттæ! — йæхæдæг сæм касти æмæ цыдæр æнахуыр мидбылхудт хъазыди йе стыр цæсгомыл. Керым дæлæрдæм азылд, мах дæр — йæ фæдыл. Хордоны къулмæ йæ иугæндзон бынаты бадт Бисол- тан. Йæ лæдзæг йæ дыууæ арммæ.арæзт, æрмттыл йæ роцъо æрæвæрдта, ныггуыбыр. Сæр цыма худæй уæлæмæ сбырынмæ хъавыди æмæ худы гопп хуыдиртæст фæци. — Истæуыл тыхсыс? — Керым ын йæ къух райста. Æрбадт. — Уа^д ын мæ тæригъæд баззайæд, уый йын мæ хуыздæр арфæ! — Луарсаб, мæ зæрдыл ма-иу мын æй æрлæууын... гъе, дæуæй мæ гал — æгæвдæс.— Керым йæ хæдоны дзыппæй систа хæрзкъаннæг дзыппыдаргæ чиныг æмæ лыстæг, тынг лыстæг кърандас æмæ чиныджы иу сы- фыл ставд дамгъæтæй ныффыста: «Бисолтан: Хъæрмæ- дон, Тæмискъ», йæ быны йын бахахх кодта. — Уый та дын уый: Бисолтан — Хъæрмæдон! Æнæ Хъæрмæдон нæ фæлæудзæн! Ай Бисолтан нæу? Мæнæ мæ цуры куы и! Мæнмæ фæсвæд ныхæстæ нæй. Бон- изæрмæ уæртæ уыцы ран уæлгоммæ хуыссы. Фæлæ уартæ йæ туг чи калы...— Чысыл афтæ гуыбырæй алæу- уыд Керымы раз, стæй цæхгæр фæзылди Боскъамæ.— Æри-ма иу тамако.— Луарсаб тамако нæ дымдта, фæ- лæ, æвæццæгæн, сæрдары фыдæнæн. Ома, уыныс, куыд мæ смæсты кодтай! Бапъироз райста æмæ йыл пъæртт- пъæртт ралæууыд. Иу бапъйроз дзы Керым дæр айста, ссыгъта йæ, арф дзы ныуулæфыди, йæ кæроныл ын æр- фу кодта, æркаст æм æмæ загъта: 118
— Ай цытæ дарыс, Боскъа, уæд та дæ улæфæнтæм бахауди. Сæ сгъаудæртæй сын цæуылнæ балхæныс? Чъындынизуыл стых и, уæллæй. — Æндæрæбон районы... æмæ дзы, хуыцауыстæн, æндæр нæ уыди, æндæр афтæ, чъынды та...— фефсæр- мы Боскъа. Уыцы рæстæджы Луарсаб ферхæцыд: йе фæздæгæй æгæр фæулæфыд, йе тамакойæ йæ хъæлæсы исты ба- хауд — лæг йæ артæнтыл ныххæцыд, мидæмæ сулæфы, йæ хъихъхъ фæцæуы, æддæмæ раулæфы, хуыфæг ацах- сы хъæлæс. Æппынæрæджиау фенцад, йæ бапъирозмæ æркаст, зæхмæ йæ аппæрста. — Уæдæ, дам, Бисолтанæн — Хъæрмæдон...— дзу- рын æй нæма хъуыд, æвæццæгæн: хуыфæг та йæ ацахста? Бисолтан æм хæрдмæ скаст. — Гъо-гъо! Хуыдуг кæныс æмæ тугч уары дæ къо- найыл. Бисолтаны ницы хъæуы. — Уартæ йæ туг чи калы, уыдон...— йæ хуыфынæй нæма банцад, афтæмæй та загъта Луарсаб. — Луарсаб! — Керым йæ къуырф æрмттæ йæ уæр- джыты къоппатыл æрæвæрдта.— Цыдæр хæйрæг дæ уыцы трактортыл скодта. Цыма дуцгæ дæр тракторты кæнæм, æлвынгæ дæр. — Ай, дуцгæ дæр, дам, æлвынгæ дæр, дам! — Луар- саб ■ Керымы фарсмæ абадти.— Зæгъ-ма, фарон дæм цал капеччы æрбахауди дæ фермæтæй? Уæдæ колхоз трактористтæ дарынц æмæ йыл цæуылнæ сæттут? Ны- хæстæ ма кæнут. — Трактористтæ нæ, фæлæ трактортæ. Æмæ ма фермæты дæр машинæтæй кус, кæддæра кæй пайда фылдæр уаид. Цæй, уыцы хъуыддæгтæ ныууадз, уыдон абон нæ алыг кæндзыстæм. Картофæй исты æвзæры? ’Луарсабæн æхсызгон уыд картофы кой. Иæ сæр ба- тылдта, разыйы тылд. 119
— Хорз дзы æвзæры, уæдæ дзы не ’взæры хорз! Уыцы сыгъдæгæй куы рахауынц... — Фæстаг бонты гектарæй цас æрæвзæры? Знон, абон? — Хорз. Иууылдæр афтæ уæд, уыййедтæмæ... — Цас, уымæн зæгъæн нæй? — Зæгъæн та йын куыд нæ и? Зæгъæн ын ис. Знон кæй къахтой, уым гектар радтаид астыссæдз центнеры. Афтæмæй нырма йæ тæккæ нæрсыныл у картоф. — Къахынафонмæ ма сыл ссæдз центнеры куы ба- фтид. Уæд хорз у. Бæргæ, хуыздæр гæнæн дæр ис, фæ- лæ...— Керым сыстад. Луарсаб дæр сыстад æмæ хъæрæй з-агъта: — Ссæдз нæ, фæлæ иууыл къаддæр дыууиссæдз центнеры. Цытæ дзурыс, цы? Нырма картоф йæ тæккæ рæзыныл у. Фæлæ дын цы зæгъынмæ хъавын, уый зо- ныс? Ай искуыдæм куы ацæуа,— йæ къухæй ацамыдта Бисолтанмæ,— уæд йæ бынатмæ дзæбæх лæг æрæрвит. Гъер ма уæлæ уыцы тигътæм скæс. Цал хатты йын загътон, исты сыл æрæмбæрз. Нæй, удæгас кæлмытæ йыл цæв, ныхас æм нæ хъары. — Мæнмæ сæм кæс, æмæ дæ мæныйас дур æркъуы- рæд.— Бисолтан йе ’рфгуыты сæрмæ йæ арм авæрдта худы ныхы хуызæн, уæлæмæ скасти Луарсабмæ.— Æгæр, тигъсæрдæг дæ æмæ сæ байсæрд. Искæмæ сæм цæмæ кæсыс?! — Мæ куыст нæу уый,— багуыбыр æм Луарсаб. — Уæдæ æгас хъæуы тигътæ уыдысты дæ куьтст? — де ’рбадæнтæ-иу уæзæг куы сæвæрдтой, хæлаф дын къуыриваг куы нæ кодта! — Гъер ма йæм исчи байхъусæд. Иæ дзых та — мæрдтæм фыддæр. 7 Клавæ рудзынджы рæзты æрбауад, йæ къухьт — йæ раздарæн. ГСуыд æй алæмæрста, афтæ тыхтæй. Рудзын- 120
джы акомкоммæ фæлæууыд, ацагъта йæ, къутуйы фар- сыл æй ацауыгъта. Æз æм кæсын, зонын, сихоры кой та æнæ скæнгæ нæ фæуыдаид. Ома, гъа, кæннод мын сихормæ наЛ ссур уыдзæн.- Сихормæ та нæм — дзидзайы хæринаг. Лæппутæ бæрæгбоны æвдæлонæй рацу-бацу кæнынц станы алы- варс. Агмæ сæхи байсынц, исты ныхæстæ баппарынц Клавæмæ. Бæрæг фæтынгдæр сты. Æмæ уæдæ адæйма- гæн йæ хъуыры куы ницы цæуа, уæд дын цæмæй схæца йæхиуыл? Уæлдайдæр уыдоны хуызæн рæзæн лæппутæ æмæ чызджыт^е. Мах та цæмæй цардыстæм? Макъа- ронты хъæрмхуыпп. Æнæхъæн агыл-иу банкæйы ’рдæг æхсынæнты зети акодта Клавæ. Ныр ыл иу-фондз боны цæудзæн, афтæ нæ Керым сихор хæргæ æрæййæфта. Фынджы алыварс æрзылди, стæй йæ машинæйы абадт. Чысыл фæстæдæр нæм æрёахæццæ кодта трактористты бригадир Боскъайы. Аджы цур^ æрлæууыдысты. — Æз дын куыд загътон? — Дзидзайы тыххæй мæ фæрсыс? Дзидзайы хъуыд- даг нæ цæуы, уæллæй... Дзидзайæн дзуапп æз дæттын. Хæргæ та йæ æндæр исчи кæна? Дæхæдæг ахъуыды кæн. — Æмæ афтæ ’нхъæл дæ, цалынмæ мæ ныхас дæу- мæ фæхæццæ, уæдмæ йыл нæ ахъуыды кодтон? — Хъуыды та куыд нæ акодтаис, фæлæ... куы нæ- хи хуытæй аргæвдæм, куы хъæуæй æрласæм. Куыд сыл æй фысдзыстæм—нæ зонын. Трактористтæ дæр разы нс сты. Сыбыртт кæнын дæр мæ не суагътой. — Трактористтæ дæу куы нæ уадзой сыбыртт кæ- нын, ды мæн куы нæ уадзай, уæд колхозæн та раза- мынд чи дæтдзæн? Боскъа ницуал загъта. Махырдæм ракаст. Стæй йæ хæлафы дзыппæй йæ дыууæ ’нгуылдзы ’хсæн лыстæгго- мау бапъироз сласта, сдымдта йæ. — Нæ ныхас фестæм.— Керым йæ рахиз къухы амо- нæн æнгуылдз фæтынг кодта æмæ дзы йæ галиу арм 121
цалдæр хатты æркъуырдта.— Иу сихор дæр ма сывæл- лæтты æнæ дзидза ныууагътай — хъаст-иу мæ ма ра- кæн. — Уæй, æз ницы, фæлæ сæхæдæг... стæй Луарсаб дæр... — Æз та афтæ зæгъын, æмæ быдыр ды æмæ Луар- саб нæ батондзыстут. Сымах фæстæ дæр ма дзы кусæг хъæудзæн. Уыдон нырма сабитæ сты, æмæ сæм абон мах цы ’цæстæй акæсæм, райсом уыцы цæстæй акæс- дзысты быдырмæ. Уæдæй фæстæмæ фæсаходæн Сопо ам балæууы, æмæ дзы Угъал цинк бедрайы дзаг дзидза æрæргъæвы. Иæхæдæг куы æрхизы, куы — нæ. Хатт афæстиат вæй- йы, æмæ уæд, калонæйы сарайы фисыныл цы рельсы цъæл ауыгъд и, ууыл чидæр ралæууы цыдæр уæззау æфсæйнагæй. Абон дæр афæстиат. Æз хуымæй иннæтæй раздæр æрбацыдтæн, артимæ архайгæ йæ æрбаййæфтон, йæ къухы тамако.’йæ цуры Клавæ æмæ Зæлиго дзидзатæ лыгтæ кодтой. Клавæ дзырдта: — Уæртæ сугтæ æрсæтт. Дæ куыст нæ зоныс? Фæ- нык цы змæнтыс? Зæлиго йын йæ дыс аивæзта. — Гъалæ, стæй сугтæ-йедтæ ьæ\ Мæн куы ауыдтой, уæд фæлæууыдысты сæ куыстæп дæр, сæ ныхасæй дæр. Клавæйæн йæ мидбылхудт йæ цæсгомыл аззад, цыма йын давæггаг уыд, æмæ йын йæ амбæхсын нал бафæрæзта. Зæлиго йæ дзыккумæ фев- нæлдта, йæ хистæр- æнгуылдзыл æй ’ атухæгау кодта, стæй йæ йе уæхсчы сæрты аппæрста. Фæтыхсти. Угъал та цыма тæрсгæ фæкодта — фестади, йæ къух æд тама- ко йæ дзыппы фæцæйтъыста. Иæ къух æндзыгау азза- ди йæ ронбасты, стæй йыл сындæггай йæ дзыхмæ схæ- цыд, æрбакасти мæм, æмæ сындæггай гæххæттыл фыс- тау сæхи равдыстой лæппуйы хъуыдытæ: цæмæн, цæ, ныр кæддæр скъолайы ахуыр кодтон, уый тыххæй хъуа- 122
мæ цæрæнбонты тамако ма бадымон? Æз скъоладзау нал дæн. Лæг дæн ныр. Тракторист. Нæ уыныс Сопо- йы?.. Угъал тамако фæд-фæдыл дыууæ улæфты скодта. Æз æм кæсгæйæ аззадтæн. — Тамако та цæмæн дымыс? — Уæдæ цы бадымон? — æркасти -бапъирозмæ, ног та йæ сцæйхаста йæ дзыхмæ, фæлæ уæдмæ калочæйы- рдыгæй фæцыди æмыр зыланг. Фыццаг уæлдæфы ауыгъдæй аззад, стæй нæргæ ацыд фæйнæрдæм. Иæ фæстæ дыккаг, æртыккаг. Угъал трактормæ базгъорд- та, тракторæн йæ тъæпп-тъæпп ссыд æмæ далæ фезгъо- ры тæлтæг байрагау. «Цымæ уыцы дзæнгæрæг æрмæст Сопойы тыххæй дарынц. Уæд та йæ æндæр истæй тыххæй ныццагъ- той»,— ахъуыды кодтон æз. Чызджытæ йæ фæдыл кæсгæйæ баззадысты. Клавæ худти, йæ лыстæг астæу дыууæрдæм ратас-батас код- та. Зæлиго раст лæууыд, йæ цæстæнгас йæ къæхты бынмæ сарæзта, цыма йе стыр азымыл басасти, уый хуызæн... Клавæ та æрбауади йæ раздарæнмæ, æрысгæрста йæ. Нæма йын ссур, æвæццæгæн,— нæ йæ райста. Æр- бахызт фæстæмæ рудзынджы рæзты... Стæй йæ фæдыл’ æрбауади Стефæ, æмæ фегом и уыцы изæры дуар... Æз лæууыдтæн скъолайы рахизæны æртæ сусхъæд бæласы бын. Мæ къухы чингуыты номхыгъд. Ныртæк- кæ йæ Стефæмæ ратдзынæн, æмæ та мын къуырисæры йемæ æрбаласдзæн горæтæй чингуыты баст. Уæдæ мæ- хи алы хатт кæм æвдæлы горæтмæ. Ам нæхи библио- текæты та цæй чиныг и?.. Уæртæ асинтыл æруади Сте- фæ. Уыцы арæхстджын рæхснæг зæнгтæ... Йæ уæлæ урс къаба æмæ йыл зынггъуыз дидинджыты чъипатæ. Судзынц, арт æфтауынц дидинджытæ къабайыл, ныр- тæккæ сгуыпп ласдзысты. Бавнал сæм къухæй, райс сæ... 123
— Кæм и? — мæ тæккæ раз фæлæууыди Стефæ. — Мæнæ.— Радтон æм номхыгъд. Йе ’ргом мердæм здæхтæй баззад, цæстытæ номхыгъдмæ фæцарæзта, æрфгуытæ кæрæдзимæ сæхи баивæзтой. — Ай та цы у? — æрбадардта мæм номхыгъд.— Чи йæ ныффыста, уый дзы цæуылнæ ис? Чингуыты номхыгъды æппæты бынæй уыд цыбыр рæнхъ: «Дæуыл у мæ сагъæс». Бамбæрстон: мæ дыууæ уадулы дæр астæуæй кæ- рæттырдæм судзгæ фæцæуынц. Бахудтæн, фæлæ уыцы судзгæ уылæнты ныхмæ цæй худт фæлæууыдаид? Нæ- ма фæзынд, афтæмæй айсыст. Стефæмæ цыма мæнæй зынджы стъæлфæн фесхъиудта, йæ лæгъз уадулты бæ- рæгастæу сырх тæппытæ абадти. Йæ уæлтъыфæлттæ базыр-зыр кодтой, барызт бинаг был. — Аслан! — йæ цæсты уæлтъыфæлттæ æрæлхъывта, йæ сæр фæйнæрдæм банкъуыста æмæ мæ цурæй фæцæ- уыныл. Æз бæласыл мæхи бауагътон æмæ йæ фæдыл æнкъардæй кастæн. Уый-иу фæцудыдта, æмæ мæм аф- тæ фæкаст, цыма йæ цæстытæ нал байгом кодта, цъын- дæй фæцæуы... Рудзынгæй та фæзынди Клавæ. Йæ раздарæн райс- та æмæ йæ йæ астæуыл абаста. Стæй мæм дуарæй нæ сæр æрбадардта. — Аслан, сихор дæ ферох н абон? Æз тæрхæгæй æрхызтæн æмæ араст дæн уæлæ- мæ. Лæппутæ цæуылдæр пыррыччытæ кодтой: Цыдæр истой кæрæдзийы къухтæй, цыдæр æмбæхстоп. —. Æмæ Бисолтан кæм и?—фынгыл æрбадтæн æз. Мæ хъуыдытæ нæма фæхицæн сты уыцы изæрæй, Сте- фæйæ. — Бисолтан мæнæумæ ацыд. Уæрццытæ, дам, ра- цахсон искуы. — Сæ бумбули, дам, базæн, сæ нард фыд, дам, бæркад.— Мынæг хъæлæсæй дзырдтой лæппутæ, æмæ 124
та-иу сæ чыр-чыр ссыди. Хæргæ-хæрын дæр нæ банца- дысты сæ худынæй. Клавæ тæбæгътæ æмбырдгæнгæ æрбацыд дæле уæ- лæмæ. Цы хорз æм касти бирæ тæбæгътæ’ ахæссын! Суанг-иу сæ йæ дæллагхъуырмæ хъуамæ самадтаид æмæ-иу йæ лыстæг цыдæй фæцæйуадаид аджы цур- мæ. — Кыла! — Эдик йæ амонæн æнгуылдз йæхирдæм фæкъæдз кодта, йе ’ниæ къухæй йæм цыдæр февдыста. Уый йæм æд тæбæгътæ æрбауади, æдзынæг ын ныккас- ти йæ къухмæ. — С-сау бон мыл! — бæрзонд фелвæста йе ’рфгуы- тæ, æнахуыр бæрзонд. Тыхист сæ скодта — афтæ мæм фæзынд. Фæстæмæ иу-цалдæр къахдзæфы акодта, цы- ма йæ зæнгтæ йæ быны дыдæгътæ райдыдтой, тæбæгъ- тæ къухæй феуæгъд сты, сæ быны цыдæр æфсæйнаг фæци æмæ нызгъæлæнтæ сты утæппæт тæбæгътæ. — Æз дæ бафæрсын кæндзынæн, ’фæлæуу! — Кла- вæ фæзылд, уырдыджы ныддугъ кодта. Фехъуыст дуа- ры гуыпп. Уыцы рæстæджы ауыдтон Гасбары — йæ цæсгом, йæ цæстытæ, мæнæ ма киномæ кæсджытæм æрбахæс- тæг кæнынц афтæ искæй цæсгом. Лæппу афæлурс, йæ цæсты бынтæ ацъæх сты. Иæ риуы дзыпп асгæрста, стæй фынгæй фссхъиудта. Эдичы фæстæ алæууыд, йæ тымбылкъух дард фæхаста, фæлæ цæвгæ кæ ныккодта, пæ хъæмпын худмæ йын фæлæбурдта, фслвæста йæ, фæйнæрдæм ыл ахæцыд, скъуынын кæй онг куымд- та, уый онг æй аскъуыдта, æмæ йæ иуварс ньтддыввытт ласта. — Ныр мын хур мæ сæр куы басудза, уæд куыд æн- хъæлыс? Ныртæккæ худ æрхæсс!..— Эдик лæбурæджы стад фæкодта. Йæ сæр асгæрста, тарст сгæрст.— Гъа, нырма йыл хъуын нæ рахæцыд! Лæппутæ схудтысты. Гасбар æдзæмæй лæууыд, цыма æндзыг баци. Афтæ 125
зынди: улæфгæ æппындæр нал кæны, стæй йæ’фæндгæ дæр нæ кæны улæфын. — Цы мæм ныджджыгъгъытт дæ! Иуварс а\из,— йæ риуыл ын ахæцыд Эдик. Иæхæдæг дæр иннæрдæм разылди.— Къæцæлын чындзы хуызæн! Æмæ уæд феуæгъд сты йæ нуæрттæ. Дыууæ къухæй фæлæбурдта Эдичы тæрттæм, стæй къухтæ радыгай атыдтой сæхи тæрттæй æмæ кæрæдзийы хæдуæлвæд тымбылæй сæмбæлдысты лæппуйы даст сæрыл. Ныззыл- ди, ныццудыдта Эдик. Иу зылд. æркодта йæ алыварс, æвæццæгæн, исты цæвæнгарз агуырдта, стæй йæхи ба- уагъта Гасбарыл. Лæппутæ сыл бакалдысты. Æз фсв- нæлдтон Гасбармæ, йæ рахиз цонг ын ацахстон. Лæп- путæ хæцынц Эдикыл. Балæбурын нæ, фæлæ фсзмæ- лын дæр нал уыди йæ бон. Гасбар йæ цонг ариуыгъ- та — нæ йын æй суагътон. Фæстæмæ мæм фæзылди, фæлæ мæ, азвæццæгæн, нæ федта — йæ иу цæсты гагуы цыма йæ бынатæй фæиртæст, афтæ мæм фæзынд, æмæ йæ цæстæнгас дзæгьæл нæмыгау мæ иувæрсты аив- гъуыдта. Æз куыддæр фæджих дæн: мæстæй цæст фæ- зылын уа, уый никуы федтон, никуы фехъуыстон... Æвиппайды лæппуйы цонг мæ къухæй аирвæзт, дыс ма бæргæ ацахстон...'Цыма исчи къусыдзаг туг басæх- хæтт -кодта Эдикыл — ницыуал дзы-фæзынд, нал йæ цæсгомæй, нал йæ риуæй. Гасбар ма, хордонырдæм куыд бадугъ кодта, уый ауыдтон, фæлæ мæ уæд Гас- бары мæт нæ уыди. 8 Тæразæй чысыл æддæдæр фæлдæхтæй лæууыдтрак- торы цалх. Бацыдтæн æм æмæ йыл æрбадтæн*. Чысыл фæстæдæр колхозонты машинæ дæр æрхæццæ. Æрлæу- уыд, æмæ дзы уæззаугай, гуыффæйы фарсыл йæхи æр- хафта, афтæмæй æрхызти Гасбары фыд Гигуца. Цы- быргомау, стæвдтæарæзт лæг. Иæ даргъ кæттаг хæдон 126
æвзагджын ронæй уæгъд баст. Комкоммæ мæм æрба- цыд, йæ къух мæм æрбадаргъ кодта — бæзджын арм, ставд, цыбыр æнгуылдзтæ. — Уыцы лæппуимæ цы рауад? — Кæм и?! — Нæхимæ и. Кæд бахызти, куыд бахызти, кæуыл- ты бахызти — ыицы йын базыдтам. Уыцы кулдуар,'уæ- дæ быру дæр... «О дунсскæнæг!» — æддæмæ нæ райхъуыст мæ хъæр, фæлæ уæнгты кæрæй-кæронмæ ацыд, чысыл хъæ- уыл стыр мæзджыты хъуытаз куыд ацæуы, афтæ. Гигуца мæм æргуыбыр кодта. — Цы хабар у — ницы мæ сæрæн зонын, æмæ дæ, зæгъын, афæрсон. Æз сулæфыдтæн. Дыз-дызгæнгæ. Цыма мæ улæфæн- тæ фæндыры тæнтæ уыдысты. Уæлдæф сæ нал куымд- та мидæмæ. — Фæхыл и. — Фæхыл и? Æмæ æрра сси? Кæимæ фæхыл? — Эдикимæ. — Ам цыдæр и, уый зон. Махон хылы лæг нæу. Уæ- дæ Эдик дæр... Гигуца йæ роны йæ къухтæ æртъыста, сындæггай азылди. Машинæ ацыд, æз бадгæ баззадтæн. Мæхиуыл схæ- цын нæ фæрæзтон. Афтæ мæм каст, цыма ныртæккæ зæхх мæ быны ныттасдзæн æмæ дзы ме ’миас ныб- бырдзынæн, мæ быны тракторы цалх, афтæмæй. — Аслан! Бисолтаны хъæр цыма у. Æмæ мæ цæуылнæ ныу- уадзы?.. Гъеныр мæ Бисолтаны йедтæмæ ницы ’ндавы! — Аслан нæ дæ уæдæ?! Æмæ кæм сбадтæ тæккæ фезмæлæны? Ардæм рауай, зрдæм, бецау! Хуыцау мæ ралгъыста — бастади лæг.— Бисолтан рабадт йæ бадæ- нæй æмæ мæнырдæм рараст йæ лæдзæджы ’нцæйтты. Æз тыххæй-фыдæй сыстадтæн. Бисолтан мæ сарайы 127
кæронмæ бакодта. Йæ хуыссæны фарсмæ цы хъæдын асыкк уыд, уый сæрыл схæцыд. — Знон Тъехон æруади æмæ чысыл цыдæртæ æр- давта. Мæнæ ацы авг,— Бисолтан йæ къух уæззау æр- уагъта иу даргъхъуырджын авгмæ.— Иу карчы мард, æртæ чъирийы. Фæйнæ дзы аназæм,— ныггуыбыр код-. та авгмæ.— Карк æмæ чъиритæ знон адзæбæх кодтой. Цы ис, цы, карчы та? Ам Луарсаб дæр æрбауади. Æмæ бæзгæ ницæмæн кæны, фæлæ гуыбынæй хъулон кæнын тæригъæд у. Гуыбынтæ æфсымæртæ сты. Искуы йе ’мбæлтты хъулонæй дон дæр чи банызта, уымæн пæ мыггаг аскъуийæд! Иу-дыууæ сыкъайы та дзы Сопойы шофырæн адардтон. Гъер ма ай у,— лæг авджы къуба- лыл схæцыдг уæлиау æй систа,— æмæ нæ фаг у. Хæр- дыл-иу дзы фæйнæ хуыппы акæндзыстæм æмæ-иу нæ къæбæр нæ фарсыл бахæцдзæн. Иæ бирæ нуæзт низ у, æндæр æй цы ’нхъæл дæ?..— Бисолтан авг систа, йæ уæрагыл æй рафæлдæхта кусæрттагау, йæ бынмæ йын агуывзæ бадардта туггарзы хуызæн.— Хъуамæ дæм ды- сон дæр фæдзырдтаин, фæлæ дыл мæ цæст нал æрхæ- цыд. Цы зæгъы Гигуца? Сæхимæ и? Сæхимæ уыдзæн, уæдæ кæм уыдзæн. Æмæ уæдæ ацы лæгъз быдыры су- дзпн куы нæ фесæфдзæн, уæд уый лæг куы у! — Бнсол- тан мæм агуывзæ æрбадардта... Станы хуыссæныл мæхи æруагътон. Мæ цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрстон. Цыдæр хъарм уылæн æхсызгон хъыдзыгæнгæ ацыди мæ къабæзты. Хуыссыдтæн æмæ æхсызгонæн улæфыдтæн мæ риуы дзаг. Æдде хъуыстл лæпгГ^ты ныхæстæ: — Афонмæ се стыр кæсæны кæсы æмæ йæ сæр фасы. — Иæ сæр нæ, йæ къуди фасы! — Цас къамтæ систа! , — Гъеныр-иу сисæд! Йæ къамисæн къулыл ауыгъ- дæй лæууы. Къамты коймæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, ды- 128
сон мæм Минтæ цы къамтæ радта, уыдон. Лæппуты къæхты бынæй, дам, сæ систон. Адон тыххæй, дам, фæ- хыл сты, цыма æз нæ зыдтон, цæуыл фæхыл сты, уый. Æвæццæгæн сæ Клавæйы сусæгæй фæиста. Мæнæ чъылдымырдыгæй ист. Ие ’уæнгтыл уæлæмæ схæцыд, йæ цæнгтæ сивæзта, йæ раздарæн ауындзы къутуйы фарсыл. Иæ юпкæйы бынтæ уæраджы фæтасæнтæй фæ- уæлдæр сты. Дзæбæ’х фидауынц фæрсæй-фæрстæм йæ дыууæ раст зæнджы. Ам та дзуццæджы бады аджы раз, арты сугтæ æвæры. Йæ дыууæ цæсты дæр цъынд, фæздæг æй хъыгдардта. Ам та кæимæдæр лæууыд; къам алыг чындæуыд йæ астæуыл. Куыд лæууы, куыд Клавæ? Ие уæнгтыл уæлæмæ схæцыд. Иæ дыууæ къу* хы дæр* йæ сæрмæ схаста, йæ цæстыты дзаг кæмæдæр бакасти, фæлæ цæстыхаутæ афтæмæй бирæ нæ бафæ- раздзысты. Ныртæккæ æркæлдзысты... Ам та боцкъайæ дон æвгæны, иуварс фæкаст. Дидинæг куыд ныттæпп кæна æмæ куыд фегом уа, афтæ ныттæпп кодта <йæ мид- былхудт йæ цæсгомыл. Ам та йæ рæмбыныкъæдзтæй æрæнцад стъолыл, кæмæдæр кæсы, худы фæлæ стъолæн йе ’рдæг йедтæмæ ам нал: чидæр та йæ алыг кодта... Цыма къам нæ, фæлæ стъолæн йæхи алыг чынди хыр- хæй... Ай Эльбрусы стъол куы у, йæ хынцинæгтæ кæуыл фæаразы, уыцы стъол. Уый дæр Клавæ, уый дæр. Цал сты, цал? Æвæццæгæн-иу йæ цъæх чырынтæ хæдоны дзыппытæ адонæй тыппыр уыдысты. Кæс-ма, дæ хорзæ- хæй Гасбары хъуыддэбгтæм! Сабыр æмæ хæд-зонд Гас- .бар... Уæвгæ ахæм сабыр дæр нæу, нæ. Кастæ йæм дысон. Кæнæ айразмæ директормæ куыд ныллæууыд! Цымæ цафон схæццæ дысон сæхимæ? Фондз æмæ ссæдз километры æнцон ауайæн нæу. Искæй ,йæм æрвитын хъæуы. Тæккæ абон. Куыддæр рохуаты аззайа, афтæ бригадæй фæиппæрд уыдзæни. Кæй йæм арвыстæуа? Æмæ та мæ разы æрлæууыд дысоны изæр. Цалын- мæ хуымæй ; æрбаздæхтыстæм, уæдмæ нæ хъус не ’рдардтам Гасбармæ. Кусынмæ нæ рацыди — мæсты у, 9 Хурвæндаг 129
уадз æмæ йæ маст ссæуа. Æхсæвæрыл æрбадæм, куыд загътой лæппутæ, афтæ кæрæдзийы куы æрфæрсиккой. Нæй, Гасбары сæ ничи федта. Æмæ нал хæргæ бакод- там, нал — фынæй. Сопо дæр-иу йæ дыууæ цæсты куы кæцæй радардта, куы — кæцæй.- Эдик мын нæ куымдта агурынмæ. — Уæдæ ма мын мæ былтæм æрбакæс! — Былтæм дæр бакæсдзыстæм, лидзгæ никуыдæм кæнынц, миййаг. Шотикимæ — гæны хуымы дæллаг кæ- ронмæ! Эдик йæ былтæ æрысгæрста/ Иæ уæллаг был æгæр барæсыд, цæсгомыл иуварс ахæцыд, бынтондæр сæп- дæрхуызон и Эдик... Мæ хæлаф мæ уæлæ басур, фæлæ ма уæрджытæ мидæгæй уымæл дардтой, афтæмæй тæвды сыгъдысты. Сыстадтæн, мæ’ зæнджы хæцъæфтæ рыстысты, æддæмæ рараст дæн. Æртгæнæны фæйнæ фарс лæууыдысты Клавæ æмæ Эльбрус. Эльбрус къæдз лæдзæг арæзта. Иæ къухы — Бисолтаны фарсылдаргæ кард. Лæдзæгыл æй уæлæн- гæйтты ауадзы. Иæ цонджы нуæрттæ фæтынг вæййынц, æмæ лыстæг здыхт бырауæнгæс æхсныфтæ згъæлы йæ къæхты бынмæ. Клавæ цыдæр сдзырдта Эльбрусмæ, йе уæнгтыл схæцыд, æрбакаст æм, йæ къухтæ систа, йæ мыдхуыз хæмпус дзыккуты сæ асагъта... Мæ цæсты раз февзæрди къам, къамы йæ куыд федтон ныртæккæ, афтæмæй... Къулрæбын Шотик æмæ Эдик рæхсадтой Эдичы худ. Цавæр худ у уымæн дæр. Æнæ уый куыд нæ фæ- разы. Уæдæ уый размæ куыд кодта, кæнæ уый фæстæ куыд кæндзæн — цæрæнбонты йын -уыцы худ куы нæ уыдзæн, минйаг! , — Цæттæ у,— загъта Шотик. Худы йæ æрмттæ æр- тъыста, арæхстгай йыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæ рæ- тыдтытæ куыд араст уой, афтæ. Стæй йæ Эдичы сæ- рыл æркодта. Худ цыдæрхуызон ныйиувæрсыг. Мæнзе 130
хъаз йæ къах æмæ йæ базыр иуырдæм куы аивазы, уæд ма уый дæр афтæ ныйиувæрсыг вæййы. — Шотик, Гасбары хъуыддаг куыд уыдзæн? _ Уый мæм ницы сдзырдта, худæнбылæй касти Эдик- мæ, йæ худмæ йын бавнæлдта, йæ зылын фæдджийыл ын æрбахæцыд. — Эдик, Гасбары хъуыддаг куыд уыдзæн? Здик æм йæ цæстытæ æрбазылдта. — Æмæ дзы мæн цы фæрсыс?! — стæй йе ’нгуылдз- ты зæрдæтæй йæ уæллаг был æрысгæрста, æркасти йе ’нгуылдзтæм.— Мах хъазгæ кодтам, уый та цæфтæ рай- дыдта. — Къамтæ йын йæ дзыппæй систат? — Æмæ йын хæргæ кодтам йæ къамтæ?! Мæлæты къамтæ! Иуы — Клавæ, иннæйы — Клавæ, аннæйы — Клавæ!.. — йæ хæдон куы скодта, уæд нæ базыдта, къамтæ уым нал сты, уый? — Ницы базыдта. Æндæр гæххæттытæ йын дзы ны- вæрдтам. Къамтæ сæ фенхъæлдта. — Бригады советы номæй йæЯ ныффыссæм. — Цы? — Шотик мæм æдзынæг æрбакаст. — Цæмæй фæстæмæ æрыздæха, советы уæнгтæм фæдзур. Лæппутæ ацыдысты. Æз мæ дзыппыдаргæ чиныджы сыгъдæг сыф раца- гуырдтон æмæ йыл ныффыстон: «Дæхи фæндæй кæй ацыдтæ, уый тыххæй бригады совет уынафф>æ рахаста дæ фæллойбонтæй дын фондз сисыны тыххæй. Райсом быдыры куы нæ уай, уæд бай- йафдзынæ ноджы карздæр æфхæрд — бригады совет». Фыст фæдæн, советы уæнгтæ дæр мæ разы æрлæу- уыдысты. Æз сын æй бакастæн. — Алæ, зæгъын ма исты уынаффæ у! — бабустæ кодта Клавæ. Уый лæууыди тракторы цалхыл, афтид * цалх фæтас-фæтас кодта, æмæ чызг хæрдмæ хауд. Куы- 131
иу фæцудыдта, уæд-иу лæппутæй искæй уæхскыл фæ- хæцыд, райхъуыст-иу йæ цины хъыллист.— У-у, хауын! Мæнæ куыд хорз у, мæнæ! — Æгæр уæлæнгай нын ирвæзы,— загъта Минтæ.— Ахæм хъуыддæгты тыххæй фæскомцæдисæй аппарын дæр æмбæлы. Мах та йын йæ фæллойбонтæй фондз... — Фæскомцæдисæй нæ, фæлæ йыл кæд хъоды кæ- нат, уæддæр ам уыдзыстут. Нырма уал быдырмæ æры- здæха. — Чи йæм цæуы? — бафарста Эльбрус. — Мæнæ йæм бригадир ацæуæд. Изæры колхозон- ты машинæйы абадæд.— Гæххæтт бадыдагъ кодтон æмæ йæ Шотикмæ радтон. * — Æз дæр ацæуон,— комкоммæ мæм æрбакасти Эльбрус. Хыгъдхæсджытæм мæ бауайын хъæуы. — Мæн тыххæй йæм иууылдæр ссæут! — фесхъиудта Клавæ. Цалхæй æрхызт, йæ цин цыдæр æрбаци. Сахатмæ æркастæн: дыууадæсæм райдыдта. Ацафон картофкъахт фæвæййæм. Ныр ма цы бакусæм? Боны- рдæг фесæфт, нæ иуæн — пайда, нæ — иннæмæн. — Цы кусæм дарддæр, Шотик? Лæппу иучысыл ахъуыды кодта. — Æмбырд саразиккам? Ацы æстæм «а» къласæн исты хос скæнæм. Сæ хайæн нырма йæ фылдæр æнæ- рывд у. Чысыл фæстæдæр фынджы алыварс æртыхстысты. Шотик райдыдта: — Никуы федтон адон хуызæн адæм. Дзырд сæм бынтон нæ хъары... — Шотик, дæ масты фæдыл ма ацу,— бадзырдтон æм хъазгæмхасæн.— Нæ президиум равзæрстат, нæ бо- ныфæтк сфидар кодтат. Шотичы цæсгомыл баиу сты дис æмæ мидбылхудт: " — Президиум дæр хъæуы?! — Кæд æмбырд у, уæд хъæуы. 132
Президиум равзæрстой Минтæ, Борик æмæ Зæли- гойæ. Шотик уæддæр йæ ныхасыуаг нæ аивта: — Иннæ кълæстæм дæр нæ кæсынц?! Уæд сæ æнæ соцерысæй сидгæ ничи уагъта? Уыцы рæстæджы сарайы тигъæй разынд Бисолтан. Иæ къухы — урс-урсид лæдзæг, æвæццæгæн, æрдæбон Эльбрус кæй арæзта, уыцы лæдзæг. Сындæггай æрба- цыд* мæ фарсмæ йæхи æруагъта, ныуулæфыди. — А-гъа, уæдæ! — Шотикмæ къухаууонæй скасти.— Ай Дзыбыртты лæппу куы у. Исты знаггад ракодта? Шотик дзырдта дарддæр: — Æндæрæбон Мурик æмæ ТамикЬьл уæртæ нарт- хоры кæрон амбæлдтæн. Цом, дам, цъæх хъæдуры хуыммæ. Æмæ, зæгъын, дæлæ уæ хай кæрдæджы бын куы фæци. Уымæн, дам, ницы у, уый, дам, фæлæудзæн, фæ- лæ, дам, хъæдур куы фæхъæбæр уа, уæд ма, дам, цæ- мæн бæззы. Суанг æхсынæны кæронмæ сæ фæдыл фæ- цыдтæн, фæлæгъстæ сын кодтон, уæддæр мын нæ раз- дæхтысты. Аслæнбегыл, дам, нæ ма сардау æмæ, дам, дын дыууæ дзыппыдзаг æрхæсдзыстæм хъæдур. — Рувинаг ма сын цас и? — бафарстон Шотичы. — Хазби, цас ма уын ис рувинаг? Хазби — къæсхуыртæ лæппу. Фæсаууонмæ йæ бæ- дул хуыдтой, комкомм.æ йæм уыцы номæй ничи уæн- дыд сдзурын: тынг, дам, мæсты кæны. Иæ цæсгом уы- ди размæ цыргъ, йæ цыбыргомау хъæбæрхъис оæры- хъуынтæ фæстæмæ фаст. Мæнмæ бадулæй уасæджы хуызæн тынгдæр каст. Фæлæ, æвæццæгæн, сабыр кæй уыд, стæй мæллæг, бæдул æй уымæн хуыдтой йе ’мбæлттæ. Хазби стгæ-стын йæ хæлафы дзыппæй иу цыппæр- дигъон гæххæтт систа, ацагъта йæ æмæ æрдаргъ и, суанг фынгмæ æрцæйхæццæ кодта. Лæппутæй йæм чи- дæр февнæлдта, аскъæфта йæ. — Гъæй, Аби фæуай, кæд дæм кæй дæргъæн гæх- хæтт ис! 133
Хазби йын йæ къухтæм фæлæбурдта. — Æри йæ, скъуыныс æй, æмæ мын дзы фыстытæ и! — Гъа, гъа, кæд дын дзы, зæгъын, стихтæ ис. Æрбайхъуыст Сопойы хъæр, стæй уайтагъд нæ уæл- хъус февзæрд, исдуг æрсабыр, æрцæйлæууыд, фæлæ- нæй — цыма дзы исты ферох, уыйау фездæхт æмæ йæ фæд-фæд ауагъта йæхи. Луарсаб æмæ, ма Угъал рады- гай фæстæмæ фæйнæ хъæлдзæг касты фæкодтой, хæрд- мæ хаудысты, æмæ фæсте акæсгæйæ афтæ зынди, цы- ма сын тынг æхсызгон уыди, трактор сæ кæй уыгъта, уый... Бисолтан тракторы фæстæ кæсгæйæ баззад. — Æвзæрæн йе ’рбацыд дæр æвзæр æмæ йæ ацыд дæр, уыййедтæмæ æрбацыдтæ адæмы ’хсæнмæ æмæ сын «дæ бон хорз» зæгъ. Шотик аздæхти Хазбимæ. — Цæй-ма, цæвæджыхъæд нæ аныхъуырдтай! Хазби йæ гæххæтмæ æдзынæг ныккаст, арæхстгай йæ стъолыл æрæвæрдта æмæ йе ’нгуылдзтыл цыдæр аны- мадта. — Æхсæз æмæ ма нын дзы дыууиссæдз рæгъы ис. — Мурик æмæ Тамикæн цы уынаффæ рахæссæм, кæмæ цы фæндон и? — йæ бынатæй сыстади Минтæ. — Фæскомцæдисон æфхæрд сын рахæссæм! — Уый тыххæй фæскомцæдисон æмбырд хъæуьг. Бригады иумæйаг æмбырды фæскомцæдисон уынаффæ хæссæн нæй,— загъта Минтæ. Исдуг фæхъус сты. — Уæд та сын сæ фæллойбонтæй аппарæм. ,Минтæ мын мæ хъусы бадзырдта: — Ахæм уынаффæ раст уыдзæн? Афтæ гæнæн ис? т- Иумæйаг æмбырды бон ахæм уынаффæ рахæс- сын у. Фæлæ Мурик æмæ Тамикыл банцади хъуыддаг? Иннæтæ се ’ппæт дæр хорз куыстой? Минтæ фездæхти Хазбимæ. 134
— Ноджыдæр ма æвз-æр чи куыста, чи ма хæлдта æгъдау? Ранымай-ма сæ. Хазби та сыстад, йæ гæххæтт та сласта æмæ раны- мадта ноджы цалдæр скъоладзауы. — Сæ фæллойбонтæй фæйнæ дæсы. — Фæйнæ фондзы! Фондз æгъгъæд у! — Æвдгæйттæ æмæ æрдджытæ! — Басабыр ут! — стъол хойы йæ армæй Минтæ, фæлæ уыцы лыстæг æнгуылдзтæ, уыцы тæнæг арм, цыма стъол хъæдæй нæ, фæлæ дурæй уыд, уыйау-иу армы цæф йæ уæлæ аззади. Шотик фестад, фæлæ дзур- гæ ницыма скодта, афтæмæй хъæлæба фенцад. Скъола- дзаутæ мердæм ракастысты, мæ иувæрсты ацыд сæ цæстæнгас. Уалынмæ мын мæ -уæхскыл йæ къух æрæ- вæрдта Керым. Æрбадти мæ фарсмæ. у— Бахъыг уæ дардтон. Хатыр мын фæуæд.— Иæ худ систа, стъолыл æй æрæвæрдта, стыр тымбыл хъæ- бæрныхджын худ. Йæ цæсгом—-æгасæй сырх, йæ цæс- тытæ дæр — сырх. .Къæмисæнтæ куыд дæлæмæ урс æр- хастой, æмæ сæ кæрæттæ, сæрдасæн сыл кæцæй æруа- дзы, уыцы рæттæ сæнтурс адардтой. Ныр бамбæрстон, Луарсаб тракторæй цæуылнæ æр- хызти, уый,— сæрдарыл нæ ардыдта, уымæн атагъд кодта фæстæмæ. — Уæртæ-ма бакæс, горæтæй фæлмæн гобæттæ кæ~ мæн рафыстай, уыдонмæ! — Хъæр кодтаид Луарсаб.— Алкæй йæ уд исынмæ дæр не ’вдæлы, уыдон та ривæд кæнынц ай хуызæн кусгæ бон. — Уæ хъуыддаг кæнут, уæ хъуыддаг,— стъолы сæр- мæ йæ арм систа Керым. — Мах фестæм,— загъта Минтæ, йæ тæнæггомау уадултæ чысыл фæсырх сты.— Исты ма нæм и? — Кæд уе ’мбырд фæци, уæд мын дыууæ ныхасы зæгъыны бар раттут. Хорз нын æххуыс кæнут ацы аз. Стæй канд ацы аз нæ: фарон дæр, уыйразмæ дæр. Фæ- лæ ацы аз цыма уæ куыст, уæ куысты ’гъдау хуыздæр 135
у, афтæ мæм кæсы. Кусгæ ийнæ азты дæр, куы зæгъын, æвзæр нæ кодтат. Фæлæ дзы уæд цыдæр тыхми уыди. Цыма уæ бегарайы куыстмæ ракодтой, . цыма уæ хæс фыстат æмæ дзы тагъддæр куы фервæзиккат, ууыл ар- хайдтат... Уый кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу. Уæ бригадæн йæ сæйраг нысан, æз æй куыд æмбарын, афтæмæй у, цæмæй быдыримæ базонгæ уат, быдыры улæфт бамба- рат, базонат ын, куыд фæзæгъынц, йæ зарæг дæр æмæ йæ хъарæг дæр. Уымæн æм<æ быдыры хицæуттæ райсом сымах уыдзыстут. Хъуыддагмæ уыцырдыгæй куы ’ркæ- сæм, уæд ацы аз уæ куысты пълан бирæ рæвдздæр æвæрд у. Фæнды мæ, цæмæй бæлвырддæр бамбарат иу хъуыддаг: колхоз мах куыд у, сымах дæр афтæ у. Æмæ йæм хъуамæ уыцы цæстæй кæсат. Афтæ куы нæ уа, уæд дзæгъæлы у уæ фыдæбон. «Ныртæккæ рахиздзæни,— хъуыды кодтон æз,— нæ хъуагдзинæдтæм. Разамонæг кусджытæм ахæм фæтк и: фыццаг дæ аппæлдзæн, дæ былтæ дын айсæрддзæн, стæй райдайдзæн æмæ йын бауромæн нал вæййы... Но- джы хæйрæг базонæд, цытæ йын фæдзырдта Луарсаб. Нæ тæккæ разæй куыд фездæхти фæстæмæ. Ома, сæм исты куы сдзурон, уæд се ’мбырд куы райхæла, æмæ сæ афтæ бадгæ куы нæуал æрбаййафа Керым». — Абоны хъуæгтæ райсом нал уыдзысты. Райсом дæр нæм уыдзæн къуылымпыдзинæдтæ. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ райсом бынтон раст ацæудзысты нæ хъуыддæгтæ. Афтæ гæнæн, æвæццæгæн, нæй. Фæлæ адæймаджы егъаудæр хæс уый у, æмæ цардæн къуы- лымпыйы хос цы у, уыдон сафа. Уымæй стырдæр ны- сан нæй йæ разы.— Керым йæ сахатмæ æркаст, йе ’рфгуытæ радыгай базмæлыдысты, стæй сæ дыууæйыл дæр æмхуызон уæлиау схæцыд.— Колхоз дæр уæ йæхи нæ бамбæхсдзæни. Ис ахæм уынаффæ, цæмæй уæ бри- гад дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ æрвыст æрцæуа Цъæ- йы улæфæн хæдзармæ. Арæзт уын æрцæудзæни экскур- 136
ситæ Нарыхъæумæ, горæт Пятигорскмæ — Лермонтов- иу кæм уыди, уыцы бынæттæм.— Гъе, уый зæгъынмæ уын хъавыдтæн. Кæд уæ искæмæ исты фарст ис?.. Фарст нæ уыд. — Æмбырд сæхгæнон? — æрбадзырдта Минтæ. — Æмæ уынаффæ ницы хъæуы? — Уынаффæ нæ рахастам? Сæ фæллойы бонтæй сын нæ аппæрстам? — Æмæ уый рувинаг нартхорæн цьг’ххуыс у? Райдыдтой та фæндæттæ хæссын. Иутæ загътой, бон- рæфты цы фондз сахаты фæулæфæм, уыдонæй цухгонд æрцæуæнт 8 «а» къласы звенойы уæнгтæ, афтæмæй ку- сæнт. Иннæтæ загътой, хъæумæ ацæуæд æмæ кæстæр кълæстæй сæхицæн æмбæлттæ æркæнæд. Керым загъта: — Ирыстоны раздæр ахæм фæтк уыд: хъæубæсты ’хсæн-иу чи фæтыхст, уыцы хæдзарæн-иу ракодтой зиу. Рацыдысты-иу æгас хъæуы лæгтæ, бон-изæрмæ-иу фæ- куыстой æмæ-иу хæдзары фæцудын нæ бауагътой. Сы- махæн дæр уе ’мбæлттæ фæтыхстысты — цы аххосæй фæтыхстысты, уый æндæр фарст у—æмæ сын зиу ра- кæнут. Абон сæм фæкæсут. И, куыд зæгъут? — Керым сыл йæ цæст ахаста, мæнмæ дæр та æрбакасти. Æз æм æнæдзургæйæ мæ сæр батылдтон. Раст зæгъгæйæ, мын тынг æхсызгон уыди, колхозы сæрдаримæ иухуызон кæй ахъуыды кодтам уыцы фарсты фæдыл, уый. Чызджытæ æмæ лæппутæ зиумæ сæхи рæвдз кæныныл фесты. Æз, Керым æмæ Бисолтан стъолы цур баззадыстæм. — Бисолтан,— баздæхти йæм Керым.— Абон изæ- рæй хъæумæ ацу, дæхи барæвдзытæ кæн æмæ иннæ- бон—Хъæрмæдонмæ. Дæ гæххæтт цæттæ у. — Мæ уд — дæ сывæллæтты фæхъхъау. Ацæудзы- нæн,— йæ сæр ра$ц>шы тылд кодта Бисолтан.— Кæд мын исты феххуыс уа, уæд уыйхуызæн, кæннод... Фæ- лæ ам мæ бынат та куыд уыдзæн? —’ Мæнæ-иу лæппутæ сæ хъус фæдардзысты, и, Ас- 137
лæнбег? Чи сæ хъæуы? Æртæ къуырийы номыл ныр кæй æрæрвитæм? — А-дыууæ боны Джихаты Манахы дæр ардæм хъæуы. Фæкæсдзысты-иу. — Хорз, хорз.— Бисолтан йæ ног лæдзæгмæ æркас- ти.— Мæхæдæг дæр мæнæ Ногийы лæппуйæн бафæ- дзæхсдзынæн. Сæрæн лæппуйы каст кæны. 9 Бригады куыстæн пълан куы арæзтам советы уæнг- тимæ, уæд мæм Цомай фæсидти. — Цы ми кæнут уым? — ’Пълан аразæм,— цыбыр дзуапп радтон æз. — Пълан аразут,— загъта Цомай дæр æмæ йæ ны- хас фæхъæрдæр кодта.— Пълан хорз у! Фæлæ уыцы пълан хъуамæ скъоладзаутæ сæхæдæг ма аразой, хъуа- мæ йæ мах саразæм. Æз æмæ ды. Цалдæр боны фæстæ та мæм фæсидти æмæ мын иу тетрад мæ разы æрæвæрдта. — Мæнæ дын пълан. Сбад æмæ йæм æркæс. Æз æй рафæлдæхтон. Цыдæриддæр дзы бакæнинаг хъуыддæгтæ уыди — иннæ ахуыргæнджытыл сæ бай- уæрста, мæ бæрны дзы — ницы. — Хъомылгæнæг æз куы дæн, Цомай Дудайы фырт, æмæ дзы мæ кой æппындæр куы нæ и... — Æмæ хъомылгæнæг дæ, зæгъгæ, уæд зæххы бикъ дæр дæ,—кæронмæ дзурын дæр мæ нал бауагъта.—Уадз æмæ иннæтæ дæр кусой. Ды та — иумæйаг разамонæг. — Æмæ, æз быдыры уыдзынæн, уыдон — ам, куыд сын дæтдзынæн разамынд? — Æмæ æз дæр быдыры уыдзынæн? — нæ басасти уæд Цомай. Ныр нæм уыди дыууæ пъланы: ну, Цомай мæм кæй радта, уый, иннæ та нæхаедæг кæй сарæзтам, уый. Цомай мæм цы пълан радта, уымæ гæсгæ нæм уы- цы бон хъуамæ уыдаид дзуаппытæ æмæ фарстыты æм- бырд. Г8
Картоф къахынæй куы ’рбацыдыстæм, уæд станы раз уæзæгыл лæууыди скъолайы машинæ, йæ кабинæ- йы дуар уыди гом, æмæ дзы шофыр Муртуйы къæхтæ зындысты, пецы æртгæнæны æгæр даргъ сугтæ куыд бандзарай, æмæ уыдон куыд разыной,. афтæ. — Гъы, куыд дæ, мæ хæстон хъомылгæнæг?—Мæ размæ рацыд Цомай, мæ къух мын райста. Йæ цæстытæ- иу цыдæргъуызон ферттывтой, ирд æрттывд, стæй та-иу фæкъуырма сты, цыма сыл фæлм абадт, фæлæ та-иу чысыл фæстæдæр мидæгæй судзгæ рацыдысты, маши- нæйы рухсытæ куыд фæкæнынц, афтæ. Йæ былты кæ- рон чысыл — зыхъхъыр. Афтæ уыд йе ’гъдау: исты дзу- рынмæ хъавы, уæд-иу развæлгъау хъуамæ йæ былты кæрон фæзыхъхъыр уыдаид. Фæлæ ацы хатт дзургæ ни- цы скодта — йæ хъæлæсыдзаг куы ныххудид. Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Мæныл худти уый мын цы бамба- рын хъуыд: схид дæн, уæдæ рыг дæр куыд нæ суыда- ин? Ноджы мæ цырыхъхъытæ лæппутæн сæ фæлмæн дзабыртæй баивтон — бел сын сæ къæхтæ риссын код- та æмæ ныр мæ къæхтыл уыд дыууæ алыхуызон дза- быры. — Сайд фæдæ! — хъæрæй сирвæзти мæ ныхас. Æгæр хъæрæй. — Нæ фыдæлты ныхас никуы фехъуыстай? — Кæ- мæндæр, дам, низ нæ уыд æмæ къæцæл йæхицæн иу ран фæтъыста. Цомай йæ иу къух йæ кителы тары бавæрдта, иннæ хæлафы дзыппы ауагъта, афтæмæй ацыди хордоны- рдæм. Уым, хордоны къулрæбын, иу асыккыл, сæ чъыл- дымтæ кæрæдзимæ, афтæмæй бадтысты математикæйы ахуыргæнæг Илас Хынцæджы фырт æмæ æрдззонæны ахуыргæнæг Василисæ Василы чызг. Илас къæцæл амадта йæ хæрынкъайæ. Алыхатт дæр афтæ кодта: кæм фæнды лæууыдаиккой лæгтæ, цæуыл фæнды уыда- ид сæ ныхас, уый-иу дзуццæджы æрбадти сæ разы æмæ- иу къæцæл амайын райдыдта. 139
Василисæ • Василы чызг чиныджы касти æмæ йæ къабайы бынтыл хæцыд, рыгмæ куыд нæ æрхæццæ уы- даиккой, афтæ. Цомай сæм бахæццæ и, йæ дзыппыдаргæсахат слас- та, æркаст æм æмæ, йæ æз дæр куыд фехъуыстаин, аф- тæ хъæрæй загъта: — Райдайæм уæдæ... — Сихор уал бахæрой, æххормаг сты,— бадзырдтон æм. — Цу, рахæсс асыкк. Фæдзур скъоладзаутæм. Æнæ сихор дæр уал сын ницы уыдзæн. Мах-иу хæсты æрты- гай бонтæ баззадыстæм æххормагæй. Цомай йæхи схицау кодта асыккæн. Куыддæр æм æй радтон, афтæ йæ зæхмæ нал æруагъта, цыма асыкк нæ, фæлæ æндæр исты дзаума уыд, ныггуыпп кæнынæй тас кæмæн уыд, ахæм дзаума, æмæ йемæ архайын уый> Цомай йедтæмæ ничи зыдта. Йæ дыууæ къухæй йыл хæцыди, бауыгъта-иу æй, зыхъхъырæй дæр-иу æм нык- касти. Æппынæрæджиау йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Ис дзы, фæрстытæ дзы ис, кæд истæмæн бæззой, уæд. Иласы хæрынкъа райста æмæ асыччы бын рафтыд- та. Стъолмæ æркалд алыхуызон гæххæтты гæбæзтæ. Цомай сæ йæ размæ бамбырд кодта æмæ сæ райдыдта æвзарын: гæххæтмæ-иу æркаст æмæ-иу æй æнæдзургæ- йæ ахуыргæнджытæй искæй раз æрæвæрдта. Фæлæ дзы цыма йæхи раз фылдæр æвæрдта, афтæ мæм фæкасти, æмæ мын уый дæр хъыг уыди. Скъоладзаутæ æнгом бадтысты дæргъæй-дæргъмæ нарæг фынджы уæлхъус, хъуысти сæ сусу-бусу, мынæг ныхас. — Басабыр ут! Фыццаг фарст у ахæм: чи уыди Да- вид Сослан? Хорз фарст у. Дзуапп ын ратдзыстæм цы- бырæй: Давид Сослан уыди гуырдзыйы ус-паддзах Та- мары цардæмбал. Сгуыхт хæстон разамонæг. Тугæй та уыди ирон, нæхицæй.— Цомай йæ сахат сласта йæ 1<0
гъщцыл дзыппæй, æркаст æм, стъолыл æй æрæвæрдта. Мæнмæ дæр хорз фарст фæкаст. Сослан Цæразон æмæ Тамары хъæбатыр цард, сæ сыгъдæг уарзт æмæ сæ сусæг мæлæт... Тæхуды уыдоны тыххæй исты бæл- вырддæр базон. Хæрдмæ скастæн Цомаймæ: лæууы, йæ былты кæрон та зыхъхъырæй аззад, æвæццæгæн, дард- дæр цæмæй райдайа, ууыл хъуыды кæны. Фæлæ уалын- мæ й!б къух гæххæтты гæбазимæ дæлæмæ-дæлæмæ æр- цыд. Æрхæццæ фынгмæ, гæххæтт уым аззад, къух та уæлæмæ ацыд... — Иннæ фарст... Æмæ æвиппайды мæ зæрдыл æрлæууыд иу хъуыд- даг: фарон рувæнты иубон быдырмæ рацыдтæн мæ фы- дæн æххуыс кæнынмæ. Уыцы бон нæ рувинаг нæ фæци, æмæ æсæв быдыры баззадыстæм. Æз скъоладзауты станмæ æрбацыдтæн. Фæсахсæвæр мыл лæппуйæ-чыз- гæй æртымбыл сты. Скъоладзауæн йæ фарст йæ разæй цæуы, ныхас нын бацайдагъ. Æрæджиау кæцæйдæр æрбацыд Пора. Æрбадти, тамако сдымдта. Уалынмæ лæппутæй чидæр афарста:, — Уæддæр Леонардо да Винчи куыд нывгæнæг, аф- тæ стырдæр у, æви куыд математик? Пора мæ разæй фæци: а — Леонардо æмæ да Винчи сæ дыууæ дæр нывгæн- джытæ уыдысты. Æмæ дын цæй ныв не скодтаиккой? Афтæмæй кæд æмæ кæд цардысты? Уартæ мах эрæйы размæ. Стыр хæлæрттæ уыдысты, стыр. Сæ иу ныв кæ- нын байдыдта, иннæ-иу йæ цурæй къахдэæф нал акод- таид. Уыдон сымахау кæрæдзийы хъуын-хъис нæ хорд- той... Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Исдуг афтæ фенхъæлд- тон: къахгæ кæны скъоладзауты. Фæлæ хъомыладон куыст кæнынмæ куы рахызти, уæд мæ бауырныдта, Ле- онардо да Винчийæн кæй ницы зоны, йæ ном ын фыс- тæй дæр кæй никуы федта. Цомайæн йæ фæрстыты фылдæр хай фынгыл балæу- 141
уыд. Уддзæф-иу куы æрбаулæфыд, уæд-иу фезмæлыдй- сты, цыма стъолæй атæхынмæ хъавынц. Фæлæ та-иу сыл йæ къух æрæвæрдта — нæ стыр, нæ гыццыл, ахæм къух, йæ уæлфадыл дæргъæй-дæргъмæ нос, йе ’нгуылдз- тыл бурбын, фæлдæхт хъуынтæ, æмæ-иу йæ быны æр- тæбæкк сты гæххæтты гæбæзтæ: «Сымах цы стут? Сы- мах стут гæххæтты муртæ...» Фæрстытæн лæвæрдта цыбыр дзуаппытæ, æгæр цы- быр. Хаттæй-хатт та-иу загъта: «О» кæнæ «нæ». Æз кастæн директормæ. Иæ цæсгом — æнæ уæлдай фыд, ных — бæрзонд. Ныхы тæккæ сæрмæ, уæлбыл лæ- гуыны иунæг къутæр куыд уа, уыйхуызæн тымбылго- мау коцора. Бынæй уæлæмæ кæсгæйæ иннæ сæрыхил нæ зыны—уый фæстæдæр и, ныхæй дзæвгар ’фæстæ- дæр. Æрмæст уыцы коцора. Куы разыны, куы та фæау- уон вæййы. Цы лæг у, уымæн ницы базыдтон нырма. Хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма йæ зонындзинæдтæ хæрз кадавар сты. Уыцы хъуыды фидарæй фæзæгъын мæхицæн, баууæндын ыл. Уалынмæ кæс: ахæм диссæг- тæ радзуры æмæ мæ хъуыдыйæн йæ фæд дæр нал аз- зайы. Мæхиуыл дæр ма фæхудын. Стæй та ногæй зы- нын байдайы фыццаг хъуыды мæ сæры... — Дарддæр ахæм фарст. Декабристты сыстад са- разын æппæты фыццаг кæй зонды æрæфтыд? . Дзуапп дæттын: .булкъон Павел Пестелы. Æркасти та иннæ гæххæтты гæбазмæ. Йæ цæсгом тызмæг, хъазынтæ-йедтæм кæй не ’вдæлы, ахæм лæ- джы цæсгом. — Ай та къахыны фарст. Ома, ахуыргæнджытæ йæ нæ базондзысты æмæ кæддæра куыд кæниккой. Табуаф- си: Александр Македонскийæн цал усы уыди? — Иæ са- хат систа стъолæй, цас æмбæлы, уымæй йæм фылдæр фæкасти.— Уæдæ афтæ: йæ фыццаг усы Александр ра- куырдта 327 азы, кæй зæгъын æй хъæуы нæ эрæйы агъоммæ. Уыцы аз Александр басаста Бактрийы бæстæ æмæ йæ цæмæй бынæттон хъæздгуытæ сæхионыл ба- 142
нымадтаиккой, уый тыххæй ракуырдта уымы хъæздгуы- тæн сæ иу — Оксиарты чызг Роксанайы. Уæд Александ- рыл цыди 29 азы. Фæстæдæр, йæ зæххытæ ноджы куы фæфылдæр сты, Месопотами дæр куы байста, уæд бар- дзырд радта, цæмæй йæ салдæттæ бахæстæг кæной бы- нæттон цæрджытимæ. * Афтæмæй арæзт æрцыд стыр чындзæхсæв, уым Александры салдæттæй 10 000 æрхас- та цардæмбæлттæ. Александр йæхæдæг дæр уыцы иу рæстæджы æрхаста дыууæ бинойнаджы. Сæ иу уыди Персы паддзах Дарийы чызг, иннæ та Дарийы размæ паддзахиуггæнæг Артаксерхс Шохы чызг. Уый та уыди 324 азы. Уымæй иу аз фæстæдæр 323 азы Вави- лоны куывды фæрынчын æмæ цалдæр боны фæстæ амард. Уæд цыди Александрыл æртындæс æмæ ссæдз азы. Æз, мæ разы цы фарстытæ уыд, уыдонæй иуыл фæ- сте афыстон, Цомай цы нæмттæ загъта, уыдон. Никуы сæ фехъуыстон цыма, афтæ мæм фæкаст. Кæд сæ фе- хъуыстон, уæд та раджы кæддæр æмæ мæ ферох сты. Стæй нæмттæ æмæ азтæ æз æнæуи дæр мæ зæрдыл да- раг нæ дæн. Уый та сæ куыд къæрцц кодта! Цымæ фæ- стаг дыууæ чызджы нæмттæ нæ загъта, æви мын сæ афыссын нæ бантыст? Цæй, кæд æй уыйфæстæ искуы афæрсин..-. — Ай та цавæр фарст у? — Цомай мæм хæстæг æр- дардта гæххæтт æмæ мын бакасти: — Бисолтаныл цы калм фæхæцыди, уый цы фæци? — æргуыбыр мæм код- та.— Бисолтан чи у? Æз бавнæлдтон гæххæтмæ, райсынмæ йæ хъавыдтæн, Фæлæ йæ уый не суагъта. Бæлвырд, цæуылдæр фæгуы- рысхо. Комкоммæ мæм æрбакаст, цыма та йæ кителы æфцæгготæй йæ бæрзæй дæр слæсти. — Чи у Бисолтан?! — Æхсæвгæс,— сындæг ын дзуапп радтон æз. — Ницы уын æмбарын уæ фарстытæн,— хъæрæй загъта Цомай, "скъоладзаутыл йæ цæст ахаста, фæлæ 143
йæ уайдзæф мæнмæ кæй хаудта,чуый .æмбæрстон æз.— Бисолтаныл цы калм фæхæцыди, уый цы фæци? > Фынджы дæллаг кæрон слæууыдысты дыууæйæ — Мурик æмæ Тамик. — Цытæ фыссут?! Цæй Бисолтан? Цæй калм? Ныр иугæр фарстыты æм.æ дзуаппыты изæр у, уæд хынджы- лæг кæнын хъæуы? Сбадут сымах, цæмæ сыстады- стут?! — дыууæ лæппуйыл йæ цæстытæ схъулæттæ кодта. — Мах уыдыстæм,— загъта Тамик. — Цы уыдыстут сымах?! — Бисолтаныл калм куы фæхæцыди...— лæппу фæ- тыхсти, йæ ныхæстæй ницуал хъуыст: лæппутæ æмæ чызджытæ хор-хор кодтой. Цомай фынг æрцъыччытæ кодта. — Æппындæр уæм æгъдау нал и, æппын! Кæд фæ- хæцьй Бисолтаныл калм? Цæй калм, цавæр калм, кæм и калм, цы у калм?!—æз сымах фæрсын! Тамик æмæ Мурик зæхмæ кастысты æмæ афтæ æн- хъæлдтой, директор уыдонæй зæгъы. — Куы йыл фæхæцыд, уæд калм нæ уыд...— рай- дыдта та Тамик. Цомай лæппутæм комкоммæ ныккаст, цыма цыдæр сусæгвæндыл фæхæст: йæхи æрцæттæ кодта — æнæ ра- бæрæг ын нæй, æрмæст цæрдæг фæлæууын хъæуы, æы- дæр исчердæм та ма ахæцæнт хъуыддагыл. — Уæдæ цы уыд, зæгъут-ма, цæй-ма? — Калм нæ уыди, мах уыдыстæм. Скъоладзаутæ та ныххор-хор кодтой, æмæ куы фæ- сабыр сты, уæд директорæй Борик фæраздæр: — Сымах ыл фæхæцыдыстут? Æвæццæгæн, марг- джын кæлмытæ не стут. Æвæццæгæн, хоры кæлмытæ стут, бурхъустæ! Скъоладзаутæ нал æнцадысты сæ худынæй. Цомай растæй лæууыд æмæ уæззау улæфыд, цыма йын чъыл- дымырдыгæй дохтыр йæ улæфæнтæм хъуыста. Иласæн 144
бынтон нал уыди бауромæн. Æрæджиау куыд фæдзу- ры, афтæ æнæ тагъдгæнгæйæ загъта: — Оу, худæг фæуай, Борик! Уæддæр дзы ай цы зæ- гъа, уымæн æмбал нæй. Цомай йæм уырдыгмæ æркаст, цыдæрхуызон уыди йæ цæстæнгас. Æз æй афтæ рахатыдтон: «Цæй, гъо, банцай, уымæй худæгдæр мауал уæд зæххыл». Фæлæ зæгъгæ цицы кодта. Ног та акасти лæппутырдæм. — Цы дзурыс, уый ма адæмы æвзагыл зæгъ.— Та- микмæ бауырдыг Цомай. — Бисолтаныл калм куы фæхæцыд, уæд калм нæ уыди. Уæд мах уыдыстæм... Мах нæ фæлæ — магне- то... — Ницы дын æмбарын,— йæ хъæлæсыуаг та фæлæ- мæгъдæр Цомайæн.— Бисолтаныл калм фæхæцыд, калм нæ уыди, ды уыдтæ, ды нæ уыдтæ, магнето уыди. Уыци-уыцитæ дзурыс? Скъоладзаутæ та схудтысты, æмæ уыцы худтимæ мæ сæры фæмидæг иу хъуыды: тракторы магнето баиу код- той Бисолтаны къахимæ. Дæндаджы фæд дæр уымæн нæ зынди къахыл. — Магнетойы телтæ йын йæ къахыл сæвæрдтам æмæ йæ афтæмæй æрзылдтам, ток æй ныццавта. Уый та афтæ фенхъæлдта, калм æм бабырыд. Директор дæр, æвæццæгæн, æмбарын байдыдта хъуыддаг. — Цæй магнето уыд? — Дизелы. — Æмæ уын кæм уыди? — Боскъайæ йæ ракуырдтам. Бынтон нæ — иу боп- мæ. — Мна-аа,— ралæмæрста Цомай мæ тæккæ сæр- мæ.— Æмæ уымæн æрцыдыстут ардæм? Æз уæ дыууæ- йы дæр фæрсын: Чи у Бисолтан? Бисолтан у зæронд лæг, æхсæвгæс. Сымах та чи стут? Сымах^ та стут лæп- путæ. Скъоладзаутæ. Уæдæ уымæй æфсæрмы кæнын 10 Хурвæндаг 145
нæ хъæуы, куыд уæм кæсы? Хъуамæ дзы хынджылæг скъæрат! Тамик йæ сæрыл схæцыд. — Æмæ дзы хынджылæг чи кодта? — Уæдæ?! — фæрсынмæ йæ хъавыд, æви йыл хъæр кодта, уый зын бамбарæн уыд. — Цал бæхы тых дзы ис, уый фæлвæрдтам. — Æмæ Бисолтан кæй хонут, уый уын бæхытыхба- рæн у?! Мурик нырмæ гуыбырæй лæууыд. Иннæты худын- мæ-иу уый дæр фæпыррыкк кодта, фæлæ та-иу йæхи фÆурæдта. Ныр йе ’мбалмæ бакаст æмæ йыл сбустæ кодта: -— Чи дæ фæрсы, уый дын бæхы тых æмæ къамбе- цы тых! Нал æй хъуыды кæныс æмæ дæ дзыхыл хæц!— Стæй цæхгæр фæзылди махмæ.— Æгонгæй, уый ;гых- хæй нæ уыди: йе стæгниз ын дзæбæх кодтам. Скъоладзаутæ та бахудтысты. Сызмæлыдысты. — Ард уæ хæдзары бацæуæд, кæд уын уæ зонд хæс- гæ нæ фæчынди! — фæхъæр кодта Цомай.— Ныронг — сæ иу, ныр та — се ’ннæ. — Боскъа нын дзырдта! — нæ састи лæппу. — Цы дзырдта Боскъа? — Магнетойы ток, дам, стæгниз дзæбæх кæны. Сам- ты Бидзина дæр, дам, уымæй сдзæбæх и. Директор къæхтыбынæй ныуулæфыд. — Мна-а, нæй нæм бригад, нæ бонæй уæм! Сбадут. Фыддæр фæут! — йæ къухы ма цы гæххæтт уыд, уы- мæ æркæстытæ кодта, стæй та хъæрæй бакаст: — Сопойы шофыр алыбон ардæм цæмæн цæуы? Æвæццæгæн, уартæ быдыры кæронмæ фехъуысти -скъоладзауты худын. Абондæргъы йæ бæргæ фæурæд- той, фæлæ ныр стыдта. Нал дæр—æфсæрмы, нал дæр— тас. « Мæнмæ дæр худæг фæкасти, фæлæ мæхиуыл хæ- цыдтæн: иннæ ахуыргæнджытæй ничи худт, уыдон нæ 146
зыдтой, Сопо чи у, цы у, нæ йын зыдтой йæ шофыры; нæ зыдтой, афтæ йæ Бисолтан кæй фæхоны, уый. — ’ Сопойы шофыр та циу! — æрæджиау мæ бафарс- та Илас, стæй йæ гæххæттытæм æркаст.— Ахæм исты фарст мын дзы куы разына, уæд лæг ныххудинаг уы- дзæн ам. Уыцы рæстæджы ауыдтон Зæлигойы. Диссаг: йæ цæсгом ныссырх’ æмæ тæмæнтæ калдта. Куыд æй бам- бæрстон, афтæмæй йæ бынатæй стынмæ хъавыд, фæлæ йæм чызджытæ æнгом бадтысты, æмæ йын нал сыстын æнтыст, нал фæстæмæ æрбадын. Цомай мын гæххæттытæ мæ разы æрæппæрста, мæ- сты бадт æркодта мæ фарсмæ. — Гъа, дæхæдæг сын ратт дзуапп. Æз дын ницы зо- нын дæ Сопотæн æмæ дæ шофыртæн. Æз гæххаетт райстон, бакастæн æй мæхинымæр, фæ- лæ сын цы хъуамæ загътаин? Æниу æй дзуапп райсы- ны тыххæй ныффыстой? Науæд не ’мбарыс фарст æмæ йын æнæ бакæсгæ нæй. Æз сыстадтæн, уыцы гæххæтт стъолыл æрæвæрдтон, æркастæн иннæтæм. — Циу амонд?—Амонды тыххæй сын хорз радзу- рын хъæуы. Уый иннæ фарстыты хуызæн нæу. Кæсыс, куыд фæхъус сты. Алкæйдæр базонын фæнды, цыамонд æм кæсы, уый... Циу амонд? Хъуыдытæ ч кæнын... Цомай мæм уæлæмæ скаст. Ома, кæд дзурыс, уæд ма цы боны хорзмæ кæсыс, райдай. Нæ уычыс мæпæ сахат? Рæстæг нæй. — Цалдæр азы размæ æз бакастæн Трифоновы чи- ныг «Студенттæ». Цымæ йæ сымахæй исчи бакаст? — бафарстон скъоладзауты. Минтæйы цæсгом фæрухс и. — Æз æй бакастæн.— Рог фестади, фæстæмæ рог абадт. ^ — Уыцы чиныджы студенттæ радтой ацы фарст профессормæ. Профессор куыд загъта, афтæмæй зæ- 147
ронд уырыссаг æвзаджы «амонд» нысан кæны иумæ ис- ты аразын, исты кусын, æмхайад исын исты хъуыдда- джы. Ирон æвзаджы ацы дзырдæн йæ равзæрд афтæ æнцон сбæрæггæнæн нæу. Фæлæ, æвæццæгæн, ирон хæ- дзары уыцы дзырдæй хуыздæр дзырд нæма сфидыдта. Хистæры йæ кæстæрæн зæрдиаг арфæ кæнын куы фæ- фæнды, уæд ын фæзæгъы: «Амондджын у». Хæдзарæй бæлццон куы фæцæуы, уæд фæкувынц: «Амондджын фæндæгтыл фæцу». Чындзæхсæвмæ чи æрцæуы, уыцы уазджытæ фысымæн раарфæ кæнынц: «Хъуыддæгтæ амондджын уæнт». Кæй фæхонынц амондджын, чи вæййы амондджын? Амондджын уый вæййы, æмæ адæмæн нсты хорзы чи бялæуы, исты хорз сын чн ракæны. Махæп алкæмæн- дæр у йæ бон амондджын уæвын... Цомай цыма цæуылдæр гуырысхо кодта мæ ныхæс- тæй: куы-иу æддæдæр абадт, куы та-иу хæстæгдæр æр- бабадт. Æрæджиау мыл йæ цæст схаста дæле уæлæмæ. — Цыбырдæр, Аслæнбег Астемыры фырт, амондыл бирæ дзурдзыстæм, уымæй амондджындæр нæ фæуы- дзыстæм. Æз æм уыцы тыхст каст фæкодтон: уæдæ цавæр у, нырма куы нæ райдыдтон дзурын. Кæдæм тагъд кæны, уæд сын æнæрцæугæ- кæ уыди?! — Æрдз нын цы цыбыр биологон цард радта, уыйг нæ бон у æнусон рæсугъд цардæй баивын... Цомай мын мæ гæххæтмæ сæвнæлдта, айста йæ. — Цы ма дæм и? Æркастæн мæ фæрстытæм. — Чидæр фæрсы: скъоладзау æмæ ахуыргæнæг кæ- рæдзийы уарзой, уый æмбæлы? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æмбæлы æви не ’мбæлы, уымæй ничи никæй фæфæрсы. Уарзт фæзыны адæймаджы зæрдæйы... Цомай сыстад, мæ къухæй мын гæххæтт айста, бæр- зонд æй систа, иуæй-иу къамæйхъазæг дæр ма йæ къам афтæ бæрзонд сисы, æмæ загъта: 148
— Цымæ чи ныффыста ахæм æнæпълан фарст? Уæ- дæ куыд хъуамæ уарзой кæрæдзи ахуыргæнæг æмæ- ахуыргæнинаг? Уый æнæморалон хъуыддаг куы у! Уы- мæн æмæ ахуыргæнджытæ сты ахуыргæнджытæ, скъо- ладзаутæ та — скъоладзаутæ! Цомай куы сбадти, уæд та æз гæххæтт систон. Ба- кастæн та йæ. Цомайы къух, бомбæтæхæссæг хæдтæ- хæг куыд сцæйцæуы уæлдæфы, афтæ сындæггай сцæй- цыди гæххæтты гæбазмæ. Æз, мæ дзурын нæ ныууагъ- тон, афтæмæй йыл дæлæмæ æрхæцыдтæн æмæ къух сындæг-сындæг фæстæмæ стъолыл æрæнцад. — Æз афтæ æнхъæлын, æмæ уыцы хъуыддаджы адæймагæн йæ моралон уагæвæрдтыл цъыф чи калы,, ахæмæй ницы и. Фæлæ иуæй ’ахуыргæнджытæ хистæр вæййынц, скъоладзаутæ — кæстæр, иннæмæй та сæ царды уавæртæ алыгъуызон сты, æмæ афтæмæй дыууæ зæрдæйы, куыд фæзæгъынц, фæрсæй-фæрстæм не ’рлæу- уынц æмæ сын кæрæдзимæ ныккæсынæн амал нæ фæ- вæййы.— Цомайы фыдæнæн ма исты куы загътаин, уый мæ æрфæндыд æмæ ма м.æ ныхасыл бафтыдтон:— вæййы афтæ, æмæ ахуыргæнæг лæппу скъоладзау чыз- джы куы бауарзы... Цомай фестади. — Ам куыд вæййы æмæ цы вæййы, уыдон не ’взар- дзыстæм, бамбæрстай?! Хур дзæбæх акъул, афтæ райхæлди не ’мбырд. Фар- стытæ цы гæххæтты гæбæзтыл фыст уыдысты, уыдон зæххыл ныппырх сты, сæ бынæтты-иу базмæлыды- сты. — А дыууæ боны дæм хабар уыдзæн æмæ-иу уæлæ- мæ рацу,— йæ къух мæм æрбадардта Цомай, машинæ- йы раз куы ’рлæууыдыстæм, уæд.—Аныхас кæнын нæ хъæуы. Сæ лæскæртæ сын æгæр суæгъд кодтай, уæд та лæгæн йе ’фсæртæ дæр уæгъд кæнынц, йæ къухтæдæр.— Цомай кабинæйы бабадт. Иннæтæ гуыффæмæ схызты- сты. т
10 — Клавæ, тæбæгътæ цæмæн асастай? — Æмæ исты... Æрхаудысты, æмæ мæ аххос уыди? — Куыд æрхаудысты, гæпп акодтой дæ къухтæй? — Уый афтæ æнæнхъæлæджы уыди, æмæ... — Цы уыди æнæнхъæлæджы? Мах цыдыстæм обауы рæбынты æхсынцъы бæласы- рдæм. Бæласмæ куы бахæццæ стæм, уæд æрлæууыды- «стæм. Бæласы аууон уыди хæрзцыбыр, уисойы къуыды- ры дæргъæн. Иæ цуры фæлдæхтæй лæууыд. Клавæ йæм йæ къахæй бавналæгау кодта, стæй йæ фарсмæ æрлæууыд. Иæ цæнгтæ æддæг-мидæг атъыста. Æз æмбæрстон — сайгæ мæ кæны Клавæ, тæбæгъ- тæ барæй æрæппæрста, ома, æнæнхъæлæджы мæнæ цы ,зын бавзæрстон, æндæр æвиппайды зæрдæхæлд нæ фæ- ци йæхи къам фенынæй. — Тæбæгътæ цæмæн асаСтай? Уый мæм æрбакасти. Ацы хатт мæ йæ цæстæнгас нæ азылдта, нæдæр йæ цæстыхаутæ базмæлыдысты æмæ йын кæдæй-уæдæй федтон йæ цæстытæ. Сыгъдæг цæстытæ, мыдхуыз цæстытæ. Æрмахуыр каст мæм код- той. — Нæ дын æй загътон? Хаттæй-хатт мæм худæг фæ- кæсыс, Аслæнбег Астемыры фырт. Гъеныр, æй, цыма, нæ зоныс... Уæдæ ма дæхи хо... Уæдæ ма дæ хойы къам- тæ уыдаиккой. — Уæд цы? — Хæрзаг мачи зæгъа... — Цы хъуамæ зæгъа исчи? — Ох, гъеныр... æз ахæм ныхæстæ нæ уарзын. Уый тыххæй мæм дзурыс, уый куы зыдтаин, уæд мæ къах дæр нæ равæрдтаин. Клавæ æхсынцъыйы сыфтæй иу ратыдта æмæ дзы йæ тымбыл роцъо радау-бадау кодта, афтæмæй загъта: — Мæ куыстыбонтæй мын сисут тæбæгъты аргъ, 130
æмæ мын уыцы изæры кой мауал кæн. Мæ зæрдæ дзьг фæлмæст у. Мæ цæсгом басудзы, исчи мын йæ кой куы скæны, уæд. Кæй аххос уыд, уымæ ничи ницы дзуры, фæлæ — мæнмæ. Сисут тæбæгъты аргъ, æндæр ма дзы исты и? — Ис ма дзы, ис, Клавæ. Цы ма дзы ис, уый дæр дын зæгъдзынæн: уый ма дзы ис, æмæ тæбæгътæн сæ аргъ дæ куыстыбонтæй бафидынмæ хъавыс, фæлæ сæ кæй асастай, уый та цæмæй бафиддзынæ? — Уый та ма дзы цы у? — Ды тæбæгъты аргъ бафиддзынæ æмæ колхозæй ницыуал хæсджын уыдзынæ. Фæлæ сæ кæй асастай, цæй тыххæй саст æрцыдысты, уымæн нæй бафидæн дæ куыстыбонтæй. Нæма мæ бамбæрстай? Хъуыддаг тæ- бæгътæ æмæ фæллойбонты нæй. Хъуыддаг ис адæйма- джы уагахасты, адæймаджы... — Мæ уагахаст никæй уагахастæй æвзæрдæр у! — фестъæлфыд Клавæ.— Цæмæн мын систа мæ къамтæ, цæмæн мын сæ дары йæ дзыппы? Нæ йын сæ уадзын йæ дзыппы дарын, ай диссаг нæу? Уæдæ ма дæ къам уаид искæмæ, исчи ма дын йæ дзыппы дарид дæ къам! — Адæм æй се ’ппæт дæр куы дариккой. Сæ дзып- пыты дæр, сæ хæдзæртты дæр. — Нæ, нæ. Æз афтæ нæ зæгъын. Кæмæ дæ нæ фæн- ды, ахæммæ ма уаид дæ къам... Клавæ сындæггай араст и. Чысыл уæлдæр фæлæу- уыд, кæсгæ мæм не ’рбакодта, афтæмæй загъта: — Æмæ ма лæппуйы хуызæн дæр куы уаид! Станы уæллаг фисыны лæууыди газик, лæппутæ æмæ йыл чызджытæ æрæмбырд сты, цыма йæ ахсгæ æркодтой æмæ та сын куы аирвæза, уымæй тарстысты. Уазджытæ мæ размæ рацыдысты. Сæ ну фæскомцæди- сы обкомæй. Æрыгон чызг. Кæлинæ. Иннæ радиойы уац- хæссæг—Тохон. Уый йæ фæсномыг уыд, радиойы дæр- иу æй афтæ хуыдтой. Чысыл тымбыл цæсгомыл къан- нæггомау тымбыл кæсæнцæстытæ. Ие уæхскыл репор- 151
тер ауыгъд. Семæ уыд нæхи хъæуккаг лæппу Сограт. Уый иууылдæр хорз зыдтам: скъола куы фæци каст, уæд æй равзæрстой колхозы фæскомцæдисон организа- цийы секретарæй. Дыууæ-æртæ азы фæстæ йæ раивтой ^фæскомцæдисы райкоммæ. Согратæн йæ дæларм уыд ’тæнæггомау гæххæтцъар папкæ. Исдуг æнæдзургæйæ алæууыдыстæм. — Куыд сты дæ уæйгуытæ? — райдыдта Сограт. — Мæнæ сты. — Нартхор рывд фестут? — Фæфæуæм. Кæлинæ Тохоны цонгыл хæцыд æмæ æдзынæг йæ •цæстытыдзагæй касти скъоладзаутæм. Иумæ-иу дзы би- рæ фæкасти, йæ былтæ дæр-иу базмæлыдысты, æн- хъæлдтон-иу: ныртæккæ йæм исты сдзурдзæн. Фæлæ-иу уæдмæ иннæтæй искæмæ райдыдта кæсын. Сограт йæ папкæ фегом кодта, иу газет дзы фел- вæста, сугсæттæн къуыдырыл æй айтыгъта æмæ йыл æрбадт. Иæ папкæ йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ райдыдта цыдæртæ фыссын. — Шотик, ныр хъазгæ та цæмæй фæкæнут? — афарс- та æнæнхъæлæджы Кæлинæ.—Цы хуызæн хъæзтытæ фæкæнут? — Фæхъазæм пуртийæ дæр. Шахмæттæй дæр, фæ- хъазæм ма...— Шотик мердæм æрбакаст.— Булавкæйæ дæр фæхъазæм. Скъоладзаутæ ныххудтысты. — Цæмæй, зæгъыс? Булавкæйæ? Уый та куыд хъазт у? — Ам лæуу, æмæ дзы изæры ахъаздзыстæм. — Бо- рик йæхинымæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ чызг фе- хъуыста. Чысыл цæуылдæр ахъуыды кодта. — Хорз, лæудзынæн. Æндæр ма цæмæй фæхъазут? — Æмбæхстытæй дæр фæхъазæм. — Æмæ уæ ахуыргæнæг дæр зоны хъазын? Фæхъа- ’зы уемæ? 152
— Куыд нæ фæхъазы? — мердæм * æрбакаст Шо- тик. — Кæд æй Бисолтанæй февдæлы, уæд фæхъазы.— Борик та йæ цæстæнгас иннæрдæм азылдта, ома, æз иицы дзурын, æз мæнæ мæхицæн иннæрдæм кæсын, фæ- лæ йæ мæнæй æнхъæл мачи уæд. .Фæлæ Кæлинæ уыцы цырд лæууыди. — Бисрлтан та чи у? — Бисолтаны йас дур дæ æркъуырæд, уый дын Би-- солтан, кæд зæронд лæг дæ дзыхы радавинаг нæу,— фездæхти Борикмæ Клавæ. — Æнæнтыст фæуай, зæронд усы уайдзæфтыл куы нæ схæцай! — Клавæйы уæхск рог æрцавта Кæлинæ. Бахудти. Цыдæр æхсызгон уыди йæ худт адæймагæн. ’Сыгъдæг худт, хъæлдзæг худт. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыдыстæм. Стæй та Кæлинæ загъта: — Уæдæ хорз. Хъазын зонут. Гъеныр ма кæд кусын дæр зонут, уæд — бынтон хорз. Тохон, Сограт, Шотик, Эльбрус æмæ æз — мах ра- зæй, иннæтæ — нæ фæстæ — араст стæм хуыммæ. Фæн- даг нартхоры хуымтæм кæм схизы, уыцы ран уырды- джы йæхи раскъæрдта Сопо, цыма йæ бæттæн ратыдта æмæ лидзгæ ракодта. Лæнчы æнæхъæлæджы фæлæу- уыд. Угъал йæ уæлæ бадгæ баззад, Луарсаб тагъд- тагъд æрхызт, мæ цонгыл мын фæхæцыд. — Хъус-ма, къамис дæм æрцæуы, уый зоныс? — Цавæр къамис? — Къамис цы вæййы, уый нæ зоныс, ахуыргæнæг куы дæ? - — Æмæ? Уый та мын мæ цонгыл фæхæцыд, фæстæмæ фæ- каст, хуымгæронмæ мæ бакодта. — Æнæрцæугæ сын нæй, æрцæудзысты,— ног та фæстæмæ акаст, йæ сæр батылдта,— æмæ дæхи бацæт- тæ кæн. Уæ улæфты рæстæг дæр уал фæкъаддæр кæ* / 15Г.
нут, стæй ам уыдзыстут. Уартæ уый Бидырты Сограт нæу? Уыцы чызг та... Чи сты, чи? — Къамис кæй хоныс, уыдон сты. — Æмæ дыл уæд абондæргъы дзых нæ уыди? — Луарсаб азылд æмæ æнкъардæй сæ фæдыл касти.— Ныр ма цы ми бакæнæм? — Цæуыл тыхсыс, Луарсаб? — Хъус-ма, уæ зæхх иууылдæр æрцыди къухæй куыст. Трактор йе ’мгæрæтты дæр нæ ацыди. Афтæ хуыздæр у. — Цæмæй хуыздæр у, афтæ? — Хуыздæр дарæг ма уæд дæ хæдзарæй! Луарсаб йæ бынатæй акъахдзæф кодта, фæстæмæ фæзылд. — Уæдæ дæ мæхицæн исты агурын! Дæлæмæ’дæр уæ- лæмæ дæр уыцы нартхоры гæппæл. Æмæ кæд уый дæр трактортæ бакуыстой, уæд ма сымах та цы куыстат æнæхъæн скъолайæ, зæххыл уæз куы кæнут?! Уæд дзы кусын хъуыди. Мауал лæуу! Сæ дзыхы ницы уромынц уыцы лæппутæ. Ме ’мбæлтты ныййæфтон хуымы кæрон. Сограт ауæдзы бадти, йæ быны — йæ папкæ. Тохон репорте- рыл фыста Шотичы ныхас. Æз сæ кæрон æрлæууыд- тæн, Шотик тыхстис, йæ цæсгом .сырх адардта. Тохон æй сабыр кодта: — Афтæ нæ. Цыма стыр æмбырды дзурыс, афтæ ма дзур. Мæнæ де ’мбæлттимæ куыд фæныхас кæныс, аф- тæ дзурын хъæуы. Кæлинæ мын мæ дысыл ахæцыд. Иу-цалдæр къах- дзæфы ацыдыстæм ауæдз-ауæдз, стæй нартхоры сыз- дæхтыстæм. Уæраджы фæтасæнтæй фæуæлдæр сты æвзартæ. Иуæй-иутæн дзы зæххæй сæ уидæгтæ сзындысты, тар- сырх уидæгтæ, цыма сæ туг абухы! Лæууынц фæрсæй- фæрстæм дыгай-æртыгай æвзартæ кувæндоны бæлæс- тау, уæле сæ даргъ сыфтæй кæрæдзимæ бавнал-бавнал 154
кæнынц. Цæуы се ’хсæнты Кæлинæ, бæрзонд фидар уæнгтæ, нарæг астæу, фидар нуарджын зæнгтæ... Фи- дауы быдыры... — Аслæнбег,— мæ номæй мæм дзуры Кæлинæ.— Гектарæй цас хъуамæ æртонат нартхор? — Пъланмæ гæсгæ 40 центнеры. Нæхимæ цы хæс райстам, уымæ гæсгæ та — 50. — Цавæр мыггаг у? — ВИР-156. Кæлинæ йæ цæнгтыл уæлæмæ схæцыди. Уддзæф. æм- æвзарты уæлæ æрбазгъордта, фæлæбурдта йын йæ пух сæрыхъуынтæм, йæ нывæфтыд къабамæ. Чызг йæ къух- тæ йæ уæрджытæм балхъывта. Иæ мидбылхудт андзыг.. Дымгæ атахти. Уалæ фезгъоры фæндаджырдæм. Кæлинæ мæм комкоммæ æрбакаст, ацы хатт йæ былтимæ змæлыдысты йе ’рфгуытæ дæр, цыма ныхас кодтой кæрæдзиимæ. Афтæ æнæдзургæйæ алæууыд йу- чысыл, стæй загъта: — Диссаг мæм цы кæсы, уый зоныс? Быдырон стан. Цыдæр аргъæутты бæстæйы ху-ызæн. Афтæмæй цыма уым райгуырдтæн, уым схъомыл дæн. Иннæмæй та цы- ма æцæгæй быдыры иуран дæр нæй стан, фæлæ йгс æз сарæзтон мæ сæнтты æмæ йæ мæн йедтæмæ ничи зо- ны, никуы йæ ничи федта, никуы йæм ничи æрцыд æд къæпи хуымæй... Мæнæн та-иу мæ цæстыты раз февзæрди Стефæ æмæ-иу нал хъусынæн уъщтæн, нал — кæсынæн. Або- ны хуызæн арæх мæм никуы фæзыны. Афтæ фæскуыст, быдыр ма æрсабыр уæд, æмæ æз иунæгæй ма аззайон, уыййедтæмæ... Фæлæ абон... Кæд Кæлинæ ам кæй ис, уый тыххæй? — Аслæнбег,— дзуры та мæм Кæлинæ.— Ды фыц- цаг аз кусыс быдыры? — Бригадимæ—фыццаг аз. Чызг зæхмæ æрæвнæлдта, нартхоры дæллагхъуыры цы кæрдæджы хæлттæ аззад, уыдон ратыдта. Æмæ цæ- 15а-
<стыты раз фестади Стефæйы къух, йæ даргъ æнгуылдз- тæ. Ручкæйыл хæцынц æмæ сæ фæдыл уадзынц дам- гъæтæ кæрæдзийыл хæстæй, рæсугъд тымбыл дамгъæ- тæ... Директоры кусæнуаты мах йедтæмæ — ничи. Иæ- хæдæг нæм фæдзырдта Цомай, æдде, дам, уæ ахуыр- гæнджытæ хъыгдардзысты, газетæн та, дам, абон æнæ рауадзгæ нæй... Стефæ бады æмæ фыссы, æз лæууын æмæ кæсын Стефæмæ — йæ дзыккутæ мæнæуы хъæм- пы хуызæн, цæсты тигътæ исынц. Кæсын ын йе ’нгуылдз- тæм, йæ даргъ рæсугъд æнгуылдзтæм. Кæсын. ын йæ цæсгоммæ, фæлæ мæм цæстытæ нæ зынынц... Ныр дзæнгæрæг ^гагъд уыдзæн, афтæмæй иу ныхас нæма сфæрæзтон. Мæхи бацæттæ кæнын. Уæлдæф дæр ма сулæфын мæ риуы дзаг, мæ ныхас æнæ къæрццæй куыд зæгъон, афтæ, фæлæ нæй: мæ зæгъинаг цыма ницæйаг разыны æмæ уæлдæф ницы-мацытæй фæвæййы. — Цæуылдæр улæфтытæ кæныс, мæ куыст дæ зæр- дæмæ нæ цæуы, цыдæр у,— дзуры Стефæ, уæлæмæ не скаст, афтæмæй. Æз февнæлдтон, мæ риуы дзаг та су- лæфыдтæн: ныртæккæ мын æнæ исты зæгъгæ нал и, хорз гæнæн мын фæци. Æрмæст уал иунæг ныхас ба- -фæразон, стæй уый фæстæ исты амал кæндзынæн... Фæлæ цы? Цы йын зæгъон? Цы йæм сдзурон?.. Ныр- тæккæ дзæнгæрæг ныццæгъддзысты, афонмæ йæм фæ- цæуы радгæс сылгоймаг, директор ам æрбалæудзæн, æмæ та утæппæт зæгъинæгтимæ иунæгæй... Стефæ йæ ручкæ гæххæттытæм баппæрста, йæ дыу- уæ армы кæрæдзийыл адаудта, уыйфæстæ галиу къух йæ дæллагхъуыр атъыста, рахиз къухæй систа гæххæтт æмæ мæм æй сдардта. Æз бавнæлдтон къухмæ, гæх- хæтт стъолмæ æрхауд. Стефæ фестад, тагъд-тагъд су- лæфыд, фæлæ йын къух исын нал куымдта, зыр-’зыр кодта мæ армыл æмæ йæм æз кастæн, цыкурайы фæр- дыгмæ куыд фæкæсынц, афтæ. Æрæджиау фестъæлфыд къух, мæнæ чи фæсур вæййы, уыцы цæрæгой йе ’муд куыд æрцæуа, афтæ, фезмæлыд, афтидæй аззади мæ 156
арм. Бакастæн Стефæйы цæстытæм, æмæ мæм уыдон цъæхæй, мидæгæй цыдæриддæр уыд, иууылдæр цъæх фæкастысты... Канд мидæгæй нæ —дуне иууылдæр — цъæх, цæст кæуылты æххæссы, ууылты... Кæлинæ йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта. — Уыцы лæг чи у? — Кæцы? — Уæртæ, Тохоны фарсмæ, ивазгæ цыд чи кæны, уый? Æз акастæн, Кæлинæ кæдæм амыдта, уыцырдæм. Æрбацæуынц не ’мбæлттæ. Луарсаб дæр семæ. Кæцæй та фæци, кæ? Æвналы размæ, дæргъæй-дæргъмæ къах- дзæфтæ кæны. Афтæмæй цæуын та куыд зоны, уый стыр диссаг у! Уæдæ иу стыр къахдзæф акæн, дыууæ хатты дæр авнал, фæлæ цæргæ-цæрæнбонты цал къах- дзæфы кæнай, уал хатты ахъаззаг иваз!.. Цæуы разæй Тохоны иувæрсты, цыдæртæ йын дзуры. Кæсын сæм, адæймаг киномæ куыд кæса, афтæ. Цыма ныртæккæ нæ цурмæ не ’рбацæудзысты, немæ не ’рлæудзысты, фæлæ иуцыдæй мæ фæрсты фæцæйхиздзысты, стæй цыдæр æрбауыдзысты æмæ сæ бæсты мæ разы февзæр- дзæн æндæр истытæ. — Къамисы сæрдар ды дæ, хорз чызг,— хæстæг ба- цыди Кæлинæмæ Луарсаб. — Къамисæн йæ сæрдар нæ, фæлæ йæ генералон директор.— Кæлинæ бахудти. Луарсаб уыди тынг хъуыддагхуыз, нырма йæ ахæм хъуыддагхуызæй никуы федтон. — Хынджылæг ма кæн! Горæтæй дæ хынджылæг кæнынмæ не ’рæрвыстой, стæй ам дæр кæмæй ахын- джылæг кæнай, ахæм лæппутæ нæй. Уый дын генерал. — Тобæ зæгъ. Æз хынджылæг куы нæ кæнын. — Уæдæ дын уыдон цы ныхæстæ сты! Мах дæр цы- дæртæ федтам.— Луарсаб йæ хъуыры æгънæг рафтыд- та, йæ хæдоны тæрттыл радыгай уæлæмæ схæцыд, Кæлинæ мæм хъастгæнæджы каст æрбакодта, 157
йæ былтæ цыма сæ кæрæдзийæн цыд&ртæ адзырдтой. — Цавæр у, Луарсаб, хионæй-æддагонæй нæ куы- дзы къахæй куы ныннадтай,— хъазгæйæ загътон æз. Луарсаб мæм фæстæмæ фæзылд, йæ цæстытæ мьгл схъулæттæ кодта, искæй цур сывæллоныл куыд схъу- лæттæ кæнынц сæ цæстытæ,, афтæ. — Ды та иу дæр нæ зоныс æмæ иннæ дæр æмæ дæ дзыхыл хæц! Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Уый цы уыди, уымæй зæхх æрриуыгъта. — Цы мæм ныджджигъгъитт дæ?! Борик дзуццæджы æрбадт æмæ æвзартæм бавнæлд- та, афтæмæй мынæггонд хъæлæсæй загъта: — Бисолтан цы бон ацыд, уый дæлæмæ куы ’рхау- даид: бынтон сысырхта! Лæппутæ схудтысты. —-Ды та цы Бисолтан, Бисолтан фæкæныс, хуыйьг къахы хуызæн? Ахæм Бисолтан дæ фæуыдзæн æмæ... Æнæуи дæр* дæм мæ дæндæгты къæрттытæ хауынц,— загъта хылгæнæджы хъæлæсæй Луарсаб, стæй Кæли- нæмæ аздæхт.— Цы ми кæнынмæ хъавут ацы хуымæн? • — Цы йын хъуамæ бакæнæм дæумæ гæсгæ? — Сымах уый зонут, æмæ ацы хуым, цыдæриддæр у,— Луарсаб йæ къух дардыл æрзылдта,— ацы сывæл- лæтты къух йедтæмæ йæм ницы бахæццæ и? Къæпийæ йæ бакуыстой, æмæ сын сæ куыстæн аргъ скæнут. Акæ- сæд ма исчи! Ахæм нартхор иу скъолайы зæххыл дæр не ссардзыстут, цас фæнды фæзилут, уæддæр. 'Ды къа- мисы... — Фæтыхсти Луарсаб, æрæджиау загъта, — хи- цау дæ æмæ... — Бахатыр кæн, фæлæ мах къамис не стæм. Мах мæнæ Согратимæ æрцыдыстæм скъоладзауты абæрæг кæнынмæ — куыд улæфынц, куыд кусынц, куыд цæ- ры’нц?.. — Уæдæ къамис не стут? — тынг сабырæй бафарс- та Луарсаб. 153
— Бауырнæд дæ, не стæм. Æццæй, Сограт, къамис стæм? — Не стæм. — Уæдæ уыл абондæргъы дзыхтæ нæ уыди?! — Луарсаб нæм йæ чъылдым фездæхта, йæхæдæг йæ сæр арадав-бадав кодта æмæ йæ хъæр фæцыд: — Угъал! Дæлæмæ раскъæр! — стæй йæхицæн дзурæгау сыпдæг- гай загъта: — Хуымы астæу къамисы лæуд скодтой, .æмæ цæмæй хæйрæг уыдтæн?.. 11 Скъоладзаутæ аразæй сты. Æз æмæ Кæлинæ цæуæм сæ фæстæ. Фæндаджы рыг фадхъултæм хæццæ кæны, дзуллаг ссадæй уæлдай нæу, къахыл нæ хæцы, къах куы сисай, уæд къахвæд айдзаг вæййы. Скъоладзау- ты фæстæ змæстæй баззади, цыма йыл къахæй нæ — годзы къæхтæй фæцыдысты. Кæлинæ дæр бæгъæввадæй рацыд. Райсом картофы хуымы, кæрддзыхтыл цæуæгау цыд — йæ сæр йæ уæхс- чыты нытътъыста. Ныр фæцахуыр — æдæрсгæ цæуы мæ фæрсты. Дысон ам баззадысты Кæлнæ æмæ Сограт. Тохоны арвыстой сæ машинæйыл, æмæ сæм абон хъуамæ зына, .афтæ йын бафæдзæхста Кæлинæ. Кæд æмæ кæд бафы- нæй стæм. Исдуг æмбæхстытæй фæхъазыдыстæм, стæй хъазт куы фехæлд æмæ скъоладзаутæ нæ алыварс куы зербадтысты, уæд Кæлинæ сындæггай райдыдта, цыма нæхицæн дзырдта, уыйхуызæн: Абон та демæ Мæ зæрдæ куы дзуры, Дард дæн — Цы зын у, Цы зын?.. 159
Гъæй-джиди, чи загъта...— уым фæлæууыд, фæлæ ма йæ иу ран уагътой скъоладзаутæ! — Кæлинæ, Кæлинæ, кæронмæ йæ чи нæ радзура! — Мысосты æмдзæвгæ!.. Кæлинæ нæ разы кодта: — Кæд æй сымахæй исчи хуыздæр радзурдзæн уæд та? — Нæй, нæй! Ды нын æй радзур! — Уæдæ хорз. Æз радзурдзынæн ацы æмдзæвгæ, фæлæ баныхас кæнæм: алчидæр уæ — Асланæй дæр, Согратæй дæр — иу æмдзæвгæ куыд радзура. Кæннод æз дæр — нæ! Афтæ райдыдта ерыс æмдзæвгæтæ дзурынæй... — Ацы уддзæф æнæуи бæргæ хорз у, фæлæ зæххæн знаг у,— дзуры Кæлинæ, йæхæдæг æдзынæг кæсы, йæ къæхтæ рыджы куыд амбæхсынц, уымæ.— Иæ уымæл ын ахæссы... — Ныр обкомы дæр ницы дзурынц къæвдаЙБ1 тых- хæй? — мæ хъус не ’рдардтон Кæлинæйы ныхасмæ, хъа- зын. — Дзурынц. — Цы, дам, цымæ? — Цы куы зæгъай, уæд, дам, алы быдырæн дæр хъуамæ уа дыууæ къæвдайы бардуаджы: Елиа æмæ адæймаг, колхозон. Елиа куы нæ дæтта къæвда, уæд адæймаг йæхи къæвда ставд сыгæй куыд ныссæх-сæх кæнын кæна æвзартыл. Афтæ дзурынц обкомы. Уæдмæ ныххæццæ стæм нартхоры хуыммæ. Кæли- нæйы ныхас мын æрæджиау мæ зæрдæ бакъуырдта: фæтарстæн нартхорæн. Кæсын æвзартæм. Нæ, афтæ къæвдахъуаг нæ баййæфтой нырма. Лæууынц сырх- зæнг, цъæхсыф æвзартæ. Сæ даргъ сыфтæй кæрæдзимæ рæвдаугæ бавнал-бавнал кæнынц. Зæххы цъар æрæм- бæрзтой — уæле кæсгæйæ рæнхъгай æмæ дзыгуыргай сагъд кæй сты, уый равзарæн нал ис. Бырсы уæлæмæ хуым, уæддæр Кæлинæйы ныхæстæм мæ зæрдæ адзæ- 160
гъæл: о, нырма сыл нæ зыны, мæр уымæлхъуаг кæй у, уый, фæлæ амæй уæлдай къæвда куы нæ уа, уæд та?! Мæ зонгуытыл æрлæууыдтæн, мæ къухæй къахын зæхх, мæ уырзтæ дудынц, фæлæ мæ уыдоны мæт нæй. Иу дисныйы бæрц ныкъкъахтон бынмæ. Зæхх, зæхх куыд вæййы, афтæ уыди: чысыл уымæлбын æмæ зына-нæзы- на хъæхъхъаг тæф кодта... Сыстадтæн, агурын Кæлинæ- йы — адард и. Далæ æстæм кълæсты хæйттæм ныххæц- цæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæгуыбыр кæны, æвæццæгæн, нартхоры хъустæ ратоны æмæ та дарддæр араст вæй- йы йæ алыварс ракæс-бакæсгæнгæ. Æз мæ ных сарæз- тон, Кæлинæ кæм уыди, уырдæм. Хъуамæ йын зæгъон, мах зæххæн хурæй мур дæр тас кæй нæу: махæн нæ зæххытæ хъæдрæбын сты, ам халас дæр тынг æппары æмæ... Кæлинæ ныхас кодта æстæм «а» къласы звеновод Хазбиимæ. Бæрзонд, мæллæджытæ лæппу æдзынæг кас- ти чызджы цæсгоммæ. Хæйрæджытæ сты ацы лæппутæ, цы нæ ’рхъуыды кæндзысты! Цымæ сæ фыццаг кæй зæрдыл æрæфтыд Хазбийы бæдул схонын. — Æрмæст кусынæй нæ ерыс кæнæм. Ерыс ма кæ- нæм нæ уагахастæй. Ноджы ма хихъæппæрисадон къордты йæхи чи куыд равдисдзæн. Стæй ма?.. — Хазбн ахъуыды кодта, фæлæ йæ Кæлинæ фæурæдта. — Æмæ уæм хихъæппæрисадон къордтæ дæр ис? — Ис, иу концерт уал равдыстам. — Кæм равдыстат концерт? — Уæртæ калонæйы. Иу тракторæй иннæмæ тел ба- бастам æмæ йыл хъæццултæ æрцауыгътам. Уыдон фæ- сте-иу рагæппытæ кодтам. Æз цыма æппындæр Хазбимæ нæ хъуыстон, мæ- хи афтæ ’вдыстон. Зæххæй иу æвзар систон, знон кæй æртынди, ахæм, æмæ йæ рауын-бауын кодтон. Æвзар фæфæлвых, ныффæлмæн, фæлæ уыцы уæззау уыди, къухыл уæз кодта кæсаджы марды хуызæн. — Кæсгæ та уæм чи кодта? П Хурвае^даг 161
— Колхозонтæ дæр, трактористтæ дæр худтысты, æмдзæгъд кодтой... — Ды кафгæ кодтай, æви заргæ? — Æз... кафгæ,— Хазби мердæм æрбакаст,—дыууæ - кафты зонын. Кæлинæ бахудти. Йæ гом къахæй йæ зæнр- аныхта. — Дыууæ кафты? Цавæртæ? — Иу мын дзы гуырдзиаг кафт у, картули, иннæ та нæхирдыгон кафт. Суадоны цурмæ куы рацæуынц дыу- уæйæ, стæй иу чызг куы 'рбауайъ1 дон хæссынмæ. Æз рувджытырдæм ацыдтæн, Кæлинæ æмæ Хазби дæр, сæ ныхас нæ ныууагътой, афтæмæй мæ фæдыл араст сты. Чызджытæй кæйдæр къæпи райстон æмæ райдыдтон рувын. Мæ фарсмæ рувын райдыдта Кæли- нæ дæр. Тæнæг цыргъ къæпитæ тæссармæ уадысты фæлмæн саубын зæххыл. Рæгъыты ’хсæн кæрдæгджын нæ уыд, æрмæст дзыгуырты дæллагхъуыр, культивацигæнæн машинæтæ кæдæм нæ арæхстысты, уым дзыгуыртæй зади кæрдæг дæр. Се ’хсæнæй бæрæг дардта хъал гæ- дыйыдымæг. Ранæй-рæтты нартхорæй дæр фæуæлдæр æмæ райгондæй дзæбæх хъазыди йæ дæргъæццон лæгъз коцорайæ. Уддзæф-иу ыл йæ уæз æгæр куы рауагъта, уæд-иу атасыд гæдыйыдымæг, йæ дæргъæццон коцора- иу зæхмæ æрхæстæг, стæй-иу уддзæф йæ сæрты куы атахт, уæд-иу фæраст и &мæ-иу цыма йæ цин йæ хъуы- ры фæбадт, æмæ йæ нал сулæфын уадзы, нал — схуы- фын, уыйау-иу йæ мидбынаты фесхъиу-фесхъиу кæнын райдыдта. Къухæп зын стонæн у гæдыйыдымæг. Иæ уидаг йе- мæ ницæй тыххæй схаудзæн, /йæ уидаг зæххы куы баз- зайа, уæд та уайтагъд стау кæны. Лæппутæ мæсты уы- дысты гæдыйыдымæгмæ. Хъазгæйæ йæ хæрæджыдымæг хуыдтой. Нартхоры дзыгуыртæ лæууыдысты чысыл хохаг ку- вæндæтты хуызæн, афтæмæй арæгъ сты æмæ сæ кæрон 162
нæ зынди. Кæд-иу дзыгуыры æртæ æвзарæй фылдæр уыди, уæд-иу дзы иу стонын бахъуыди æмæ-иу уæд кæ- нæ дæ къухыл, кæнæ дæ гом къахыл æрбакалдаид до- ны æртах, дзæм-дзæмы донау кадавар æмæ стæм. Уый ’хсæвы æртæхæй мыдгай фембырд кæны нартхор, йæ хъæлæсы йæ арф бамбæхсы, хур ын æй куыд нæ фелваса, - афтæ, æ’мæ йæм не ’вналы, хæдзардзин æфсинау ыл фæстæмæ хæцы, йæ цæст æй ацъирын нæ уарзы, афтæ- мæй йæ хъæлæсы баззайы уыцы удыздахæг доны æр- тах... Хуымы уæллаг кæрæтты æрбауад дыууæ машинæйы: стыр æмæ гыццый. Стыр — разæй, гыццыл — фæсте. Афтæ зынд: гыццыл дзæгъæл фæци, стыр æй ссардта æмæ йæ æрбакæны, куыд нал фæдзæгъæл уа, афтæ. Рыг тъыфылтæй тæхы йæ бынæй, фæлæ куыддæр зæх- хæй фæхицæн вæййы, афтæ йæ уддзæф ацахсы, уæлæ- мæ йæ фелвасы лæбырдтытæ кæлмæрзæнау æмæ йæ узгæ-рæвдаугæ кæдæ’мдæр ахæссы мæнæуы сæрты. Гыц- цыл машинæйæн къаддæр у йæ рыг, уайтагъд апих- лæйттæ вæййы, афтæмæй æрхауы мæнæуы ауæдзыл. Машинæтæ æрзылдысты нæ фаллаг фæрсты, ’нæ ба- комкоммæ кæрæдзимæ дæрддзæф æрлæууыдысты. Шо- фыртæ æрхызтысты, æрбацæуынц уыдон дæр машинæ- ты хуызæн кæрæдзимæ дæрддзæф. Скъолайы шофыр бæрзондгомау уæнгджын лæг, кæрдæгхуыз гæлифе æмæ. уæгъдхъус уæззау цырыхъхъытæ. Афтид майкæ- йы æдде иуцъарыг къурткæ. Майкæйы хъуыр — æгæр дардыл, æмæ лæгæн йæ риуы хъуынтæ зынынц — сæ фылдæр урс, къæбæлдзыггомау хъæбæр хъуынтæ. * Го- рæтаг шофыр — æрыгон лæппу, йæ къаннæггомау тъæ- пæн цæсгомыл стыр, æрвхуыз кæсæнцæстытæ. Дыууæ дæр нæм æрбахæццæ сты иумæ. Горæтаг шофыр уай- тагъд бахудти лæппутæм. — Байрйат, уæйгуытæ! — сдзырдта хъæрæй, стæй сыл сæ къухтæ исгæ азылди. Мурту æнæдзургæйæ мæ уæлхъус æрлæууыд. Фыц- 163
цаг йæ хæлафы дзыппыты фæагуырдта, стæй — йæ къурткæйы дзыппыты, æппынæрæджиау кæцæйдæр иу гæххæтты гæбаз сласта, райхæлдта йæ. — О, ай у,— æрбадардта мæм гæххæтт. , «Абон партбюро æмæ бынæттон комитеты иумæйаг æмбырды æвæрд цæуы бригады фарст,— фыста Цо- май.—Æнæмæнг куыд фæзынай,—чысыл дæлдæр ног рæнхъæй: — Машинæ дæм фервитын». — Æмæ йæ къух- фыст: дыууæ хаххы дæлæмæ, сæ быны иу хахх цæхгæрмæ, стæй, æндон цъæт иу цæджындзæй иннæмæ куыд аива- зай, фæлæ йæ æххæст куыд нæ айтынг кæнай, ахæм здыхт хахх æмæ йæ кæрон стыр стъæлф. Мæн æппындæр нæ фæндыди хъæумæ. Нæ мæ фæн- дыди скъоламæ бацæуын, нæ мæ фæндыди æмбырды бадын, нæ мæ фæндыди уый æппæт скъоладзауты бы- дыры ныууадзын. — Ныр куыд ацæуон? Гæххæтмæ та æркастæн. Куыд парахатæй æрæвæрд- та йæ къух! Куыд æй сыздыхта фырысыкъайы.хуызæн! 12 Скъола хаст хæдзары хуызæн зынди. Уынджы дæр, кæрты дæр цъиузмæлæг нæ уыд. Æрмæст агъуысты рæбинаг рудзынджы раз саджил асины сæр бæхбадт кодтой дыууæ сылгоймаджы æмæ рудзынг ахуырстой. Æз батæхуды кодтон сылгоймæгтæм: дæ уæлæ ха- лат скæн, уыцы асиныл дзæбæх сбад æмæ рудзгуытæ ахор райсомæй изæрмæ. Зымæгон сугтæ хæсс дæ хъæ- бысы, арт кæн, пъолтæ мæрз... Æппæты стырдæр рæдыд æруадздзынæ—æмæ дæ куыст нæ фæбæздзæн. Уымæн хос и — ногæй йæ бакæн. Фæлæ мæ куысты афтæ гæ- нæн нæй. Рæдыд æруагътай — цæрæнбонты йыл куы ф&цархайай, уæддæр æй нал сраст кæндзынæ. Æрмæст дæ иу ныхас схауæд скъоладзауты ’хсæн, чи не ’мбæлы ахæм ныхас, уæд ма цы ми бакæндзынæ? Лидзгæ фæ- 164
кæндзынæ уыцы скъола, уыцы хъæуæй? Æниу скъола- йæ дæр фæлидз æмæ.хъæуæй дæр, дæхицæй та кæдæм фæлидздзынæ?! Æмæ дын фæсмоны зынг цæрæнбонты фæсудз-фæхуысс кæндзæни дæ зæрдæйы арфдæр æвæ- рæны. Æнцойбон дæ æнцад æрбадын не ’руадздзæни, куысты — нывыл кусын. Уымæй зындæр ма исты ис а дунейыл?.. Къæсæрбахизæны хæрхæмбæлд фæдæн Цомайыл. Мæ къух мын райста, бахудти мæм, йæ цæсгом мæм цыдæрхуызон хæстæг æрбахаста^ цыма мын мæ уаду- лæн аба кæнынмæ хъавыд. — Гъы, куыд дæ, мæ...— гыццыл фæкъуыхцы,— куыд дæ, мæ хæстон ахуыргæнæг? «Ныронг-иу мæ «мæ хæстон хъомылгæнæг» куы хуыд- та!» — Мæ сæры фæцъыкк кодта уыцы хъуыды. Партбюро æмæ бынæттон комитеты уæнгтæ уыды- сты æмбырд. Цыдæрхуызон иунæджытæй бадтысты, се ’хсæнты иугай-дыгай афтид бандæттæ. Хистæртæ мæм сæ сæртæ банкъуыстой, кæстæртæй мын чидæртæ сы- стади. Æз дæр сын салам радтон. Æрбадтæн, фæсдуар цы дыууæ афтид бандоны уыди, уыдонæй иуыл. — Аслан Астемыры фырт схæццæ ис быдырæй,— загъта Цомай.— Каст ницæмæуал у. Райдайын хъæуы. Бынæттон комитеты хицау Салат Кудзийы фырт йæ бынаты базмæлыд, стъолы уæлæ цы гæххæттытæ уыд, уыдон арайс-байс кодта, схуыфыди æмæ сыстад. — Райдайæм уæдæ. Бынæттон комитеты æмæ пар- тион бюройы уæнгтæ ам сты. Абон нæ иумæйаг æм- бырды æркæсдзыстæм иунæг фарстмæ: цы уавæры и скъолайы куыстадон бригад. Кæд боны фæткмæ ивд- дзинад бахæссынмæ ничи хъавы, уæд ныхасы бар лæ- вæрд цæуы Петр Петры фыртæн. Æфсæддон хъуыддаджы ахуыргæнæг уыди Салат, хистæр лейтенант. Куыддæр скъолайы фæзынди, афтæ рæбинаг цæджындз сси. Иу партион бюро дæр нæ, иу бынæттои комитет дæр нæ, цалынмæ-иу хъуыддагыл 165
Салатимæ нæ аныхас кодта, уæдмæ сыбыртт дæр ни- кæй суагътаид Цомай. Иу бадт, иу хуындмæ дæр нæ ацыдаид æнæ Салат. Фæлæ скъолайы куыд у, æддæ афтæ нæ вæййы. Æдде цыма сæ бынæттæ баивынц, цыма директор дæр æмæ дæлбулкъон дæр Салат свæййы. Цомайы-иу цыдæртæ æрфæндыд, æрвонгæй йæ хъуыдыйы кæронмæ дæр кæй не ’рбауагътаид, ахæм цыдæртæ. Уый æз мæхæдæг би- рæ хæттыты бафиппайдтон. — Цом-ма, æмбал гвардийы хистæр лейтенант, фæй- нæ кафты скæнæм,— загътаид-иу Цомай. Фæлæ-иу Салат фидар лæууыд. — Æмæ дзы кæимæ кафыс? Уæртæ дзы сывæллæт- тæ йедтæмæ куы ничи ис. Афтæмæй-иу хъазты, фæсивæд цы вæйны, уый уы- ди. Фæлæ цæмæй ма бацæуа, уый тыххæй-иу ын афтæ дзырдта Салат. Æз æмбæрстон: Цомайы тынг фæндыди, Салат дæр æм йе* ’фсæддон номæй куы сдзурид, ома, нæй, æмбал гвардийы дæлбулкъон, хъазт нæй, хъазт. Уый хъазт нæу. Фæлæ Салат ахæмæй ницы дзырдта. Иухатт та афтæ дзырдта Цомай Салатæн: — Мæ бар куы уаид, уæд æз ацы иумæйаг ахуыра- дон скъолаты æфсæддон æгъдау æрæвæрин. Уæдæ уый цы у? Уынджы æнæгъдау, урочы — афтæ. Цы фæнды æрбафтæд се ’взагыл — срæцугъынц æй. Æнæуи’ ныкъ- къæдз, ныггæлиртæ вæййынц, сæ астæубостæ ныдды- дæгътæ вæййынц сæ уæлæ. Нæ фæлæ ныр ахуыргæн- джытæн дæр æфсæддон цинтæ куы раттиккой! Цымæ сæ кæмæ цас æрхауид? Мæнмæ гæсгæ, сæ ефрейторæй уæлæмæ ничи схизид... Бады стъолы уæлхъус Салат, фæтæнуæхск, йæ дæргъ цы нæу, йæ уæрх — уый. Йæ сæр стыргомау, дæргъæц- цон. Бады æмæ цыдæр гæххæттытимæ архайы. Порамæ бакаст. 165
— Дзур. Порайы æдзæттæйæ æрæййæфта Салаты ныхас. Дзурын æй хъæудзæн, уый зыдта; фæлæ афтæ æвип- пайды, уанцон нæу! Æнхъæл уыди: мæнæ æмбырды куыд вæййы, афтæ дзурдзысты ахуыргæнджытæ, стæй иузаманы уый дæр ныхасы бар райсдзæн æмæ зæгъ- дзæн. Ныр лæууыди æмæ архайдта Ææхи хъуыддагхуызæй равдисыныл. Иæ тæнæггомау даргъ æрфгуытыл кæрæ- дзимæ æрбахæцыд, се ’хсæн, раст фындз йæ сынæг кæ- дæм бахаста, уыцы ран дыууæ дзæбæх æнцъылды куыд фæзынд, афтæ йæ цæстытæ æрбалхъывта — дзæгъæл фæзылд, дзæгъæл ракæс-бакæс нал. Былтæ кæрæдзимæ’ нылвæста, сæрыхъуынтæ^ æрысгæрста иу къухæй, иннæ- мæй. — Æз зæгъдзынæн хæрзцыбырæй, уымæн æмæ дар- дыл дзурынæй ницы пайда ис. Иугæр адæймаг бирæ дзуры, уæд æй.базон: кæнæ йын зонд нæ фаг кæны, кæ- нæ нæ фæдтæ æмбæхсынвæнд кæны. Ныр ыл иу-æртæ азы цæудзæн, уæд не ’мбырды райкомы инструктор уыд. Уымæй фехъуыста уæд уыцы ныхæстæ. Уæдæй нырмæ сæ йæхи бакодта Пора. Исты дзурæд, æндæр уьшы ныхæстæ ма зæгъа, уый гæнæн нæй. Иæхимæ хъуыддæгты лæг кæсы. — Бригад ацы аз йæхимæ райста сæдæ дыууын аст гектары нартхоры зæхх. Иу рывд сын фæци, дыккаг рывд нæма. Йе ’рдæджы бæрц ма уын дзы ис нæ, Ас- лан Астемыры фырт? — Нæ йæ сбарстон,—мæ бынатæй сд-зырдтон æз. — Ды йæ не сбарстай, фæлæ йæ барджытæ уыди,— йæ цæстытæ фегом сты, фæлæ та уæлтъыфæлттыл æр- хæцыди Пора.— Æндæр сæм зæххæй ницы ис. Цъæх хъæдур сæм нæй, картоф сæм нæй, гæн сæм нæй, хал- сарæй сæм ницы и. Хос ма кæрддзысты æмæ нырма кæм и хосгæрдæн! Сæ нартхор куыд рывд у? Сæ нарт- хор æвзæр рывд нæу, фæлæ рувинаг дæр цы уыд, цал- 167
дæр хатты культивацигонд чи æрцыди, уыцы хуымы? Афтæ цыбырæй... Цомай йæ цæстытæ аууæрста, иу-цалдæр уæззау улæфты скодта, бæрæг уыд, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд Порайы ныхас. — Цыбыр хорз у, фæлæ цыбырæй цыбырдæр афтæ хорз нæу. Пора бахудт, æххæст худт ын дзы нæрауади, йæ дыу- уæ уæллаг дæндаджы разындысты, се ’хсæн — дæндæг- ты дæргъæн зыхъхъыр. Афтæ зынди: Пора йæхæдæг не схудти — уыцы дыууæ дæндаджы худынц... Иу каст ма фæкодта директормæ, æмæ дæндæгтæ амбæхстысты. Æрцæйбадти, чысыл гуыбырæй аззад. — Æмæ уæдæ йæ бирæ дзурын цы па11да у? Гъе- ныр хъуыддаг куы нæ зониккам, уæддæр ма — гъо, фæ- лæ ай хъуыддаг уынæм.— Пора æрбадти, йæ дзыппæй иу бапъироз систа, аууæрста йæ, йæ разы йæ стъолыл æрæвæрдта, æвæццæгæн, æй æмбырды фæстæ æвиппай- ды куыд сдымдтаид, афтæ хъавыди. — Дарддæр, æвæццæгæн, Аслæнбег Астемыры фыр- тæн йæхимæ байхъусдзыстæм, стæй уый фæстæ алчи йæ ныхас, йæ фæндон зæгъдзæн. Афтæ, нæ, Цомай Ду- дайы фырт? Афтæ, Илас Хынцæджы фырт?— йæхиуыл уæлæмæ схæцыд Салат. — Фæлæуут-ма, æз уын ницы æмбарын! — Салаты кæронмæ дзурын дæр нал бауагъта Илас, фестади, йæ къухы цы хæрынкъа уыд, уый фæсæттæгау кодта æмæ йæ стъолмæ баппæрста.— Кæд хынджылæг скъæрут, уæд æй мæнæн дæр зæгъут, æмæ æз дæр истытæ кæн- дзынæк, уыййедтæмæ уын гъеныр адон цы митæ сты! Уаты чи уыд, уыдон иууылдæр Иласырдæм азылды- сты. Цомай йæ бынаты андзыг и. Иæ рахиз цæст сын- дæггай дыз-дызгæнгæ æрцъынд кодта, стæй бахудти. — Цыма нæ уæ цæхæрадоны кæрдотæ давгæ бай-. йæфтай, уый хъæртæ ныл куы систай, Илас Хынцæджы фырт. Чи зоны, фæйнæ цъыччы дæр нæ ракæнай. 168
Уыцы рæстæджы мæ разы ауыдтон ’кæйдæр къух, зонгæ къухы хуызæн, æмæ йæм кæсгæйæ аззадтæн. Дæ- лæ йæ уæлфадыл сау цыбыр хъуынтæ, цыма къухтæ уырыл фæластæуыд, æмæ хъуынтæ ихсийгæ бакодтой. Къух ивæзтæй лæууы мердæм, чысыл дæлгоммæ фæл- дæхт, æнгуылдзтæ нæ — раст, нæ — къæ^з. Кæйдæр къух уыди, зонгæ къух... Уалынмæ йæхи дæр ауыдтон Луарсабæн — лæууы мæ разы, афтæмæй йæ бæрзæй аздыхта фæстæмæ, кæй уонг ын куымдта, уый уонг, æвæццæгæн ма æмбырды чи и, уыдон тагъддæр куы федтаид, уый йæ фæндыд. — Дæ къух мæм авæр,— дзуры хъæрæй, быдыры куыд фæдзуры, афтæ. Оу, дæ хæдзар фехæла, Луарсаб! Æз ын мæ арм йæ къухы авæрдтон, уый йæ æнæбары æлхъывд фæкодта æмæ йæ суагъта. Азылд иннæты къухтыл дæр. Кæронæй кæй бадтæн, мæнæй уый тыххæй райдыдта, æвæццæгæн. Ома, сыл иуырдыгæй азилдзы- нæн æмæ дзæбæх... — Райдыдтат, нæ? — Дзуры \ къухтæ исгæ-исын Луарсаб.— Тарстæн, куы райдайат, уымæй, тынг тарс- тæн, фæлæ мын гæнæн нæ уыд. Сопойæн нын йæ ци- адндр асаст. Æнæрай фæуа, кæд æй абонмæ не ’рхас- та! Лæг ыл абадтаид æмæ... фистæгæй фæцыдтæн стыр фæндагмæ.— Къухтæ ист куы фæци, уæд Цомайы фарс- мæ æрбадт æмæ та йæ цæст ахаста, æмбырды чи уыд, уыдоныл.— Æмæ уæдæ райдыдтат? Кæй уонг ахæццæ стут?.. Раджы?.. Луарсабмæ ничи ницы сдзырдта. Иласæн цыма хъыг уыд йæ фæзынд, йæ хъуынджын æрфгуытæ дæлнау æр- уагъта, афтæмæй стъолы сæрты пъолмæ касти. Иннæ- тæ дæр сабыр бадтысты. Æз рудзынгмæ кастæн, мæ цæстытыл уадысты скъоладзаутæ. Афонмæ сæ улæфты рæстæг фæци æмæ хуыммæ араст сты. Сæ къæпитæ сæ уæхсчытыл. Разæй Шотик, йæ хæд фæстæ Эдик. Иæ сæрыл йæ хъæмпын тегла худ, алыхуызон æндæхтæй стыр 169
сынчытæ. Ныззæронд, ныббыдыргъы. Ноджы уыцы хы- лы фæстæ... — Æмæ дæу куыд фæнды? — дзуры æппынæрæджи- ау Цомай.— Хъуыддагæн ды дæр дзуапп дæттыс, æз ын куыд дæътын, афтæ. Æмæ дæм цы фæнд и? — Æз уын æй комкоммæ зæгъдзынæн, ацы æмбыр- ды цы уынаффæ рахæссат, ууыл нæдæр мæ къух ба- фысдзынæн, нæдæр мæ уæ протокол хъæуы, нæдæр уе- мæ разы дæн. Цы аразут, уый — уæхæдæг! — Хуыцау куы раттид иу дзæбæх уынаффæ æнæ дæ къух фыстæй,— Цомай бахудти. Илас фестад, йæ уадулы хъæбæртæ фæсырх сты. Уый сæ, æвæццæгæн, уыдта — сæвнæлдта-иу сæм. — Æз дæ æмбарын, Цомай,—Илас фыды ном дзу- раг нæ уыди, директормæ дæр-иу æрмæст скъоладзауты цур дзырдта,—афтæ ма банхъæл у, æмæ ничи ницы æмбары. . — Цы зæгъынмæ хъавыс? — Уæдæ уын уый цы хуызæн æмбырд у, уый ма мын зæгъут! Кæд бригады фарст æвæрдтат, уæд цæ- уылнæ фæдзырдтат скъоладзаутæн сæхицæй иу-цалдæр- мæ. Намæ уый цы хуызæн доклад у? Куы нæ дзы хъо- мыладон куысты кой уыд, куы нæ иуы кой, куы нæ ин- нæйы кой. — Уый æндæр ныхас у. Раст ныхас, топпы фатæй растдæр, æмæ йыл хъуамæ Петр Петры фырт Оасæтта. Хъуамæ лæгмæ йæ рæдыдыл басæттыны хъару уа. Уыцы хъару кæмæ нæй, уый æз, ныххатыр кæнут, фæлæ, ком- мунистыл нæ, адæймагыл дæр нæ нымайын. Петр Пет- ры фырт нæ бацæттæ кодта докладмæ... — Охх, гъеныр мын дзы цы цæттæ кæнын кодтат? Кусгæ цæй бæрц нæ бакодтой, уый бæрц хъуамæ дзур- гæ фæкодтаин? — Пора йæ къух хæрдмæ æмæ размæ аивæзта, стæй йæ æддиæутты дæлæмæ æруагъта. Цомай, йæ уæлных цы коцорагонд уыд, уымæ сæв- 170
нæлдта, йæ армытъæпæнæй йыл цалдæр хатТы фæстæ- мæ ахæцыд. — Ам афтæ мачи æнхъæлæд, æмæ æз Аслан Асте- мыры фырты иннæтæй къаддæр уарзын. Фæрæдийдзæ- ни, афтæ чи æнхъæла, уый. Уæдæ уын æз мæ сусæгдзи- над куы раргом кæнон, уæд мæ бон зæгъын у, Аслан Астемыры фырты уæлдай уарзт кæй кæнын. Цæмæн æй кæнын уæлдай уарзт? Чи у Аслан Астемыры фырт? Уый у ахуыргæнæг, советон ахуыргæнæг, æнæзивæг ахуыргæнæг. Гъе, уымæн æй кæнын уæлдай уарзт, гъе! Уæдæ хъахъхъæнджытæ ницæмæн хъæуы "Осиайы-фыр- ты. Æз дæр æй ауындзæнмæ нæ кæнын, мæнæн дæр мæ туджджын нæу, кæнæ ме знаг... Илас рафт-бафт кодта йæ мидбынаты, йæ уадулты хъæбæртæ-иу адаудта æмæ та-иу йæ цæстæнгас стъолы кæрæтты ахаста. — Гъеныр, Цомай, уыцы ныхæстæ цæмæн’хъæуынц ацы ран? Туджджын дæр дын кæй нæу æмæ знаг дæр, уыдæттæ мах нæ зонæм? Уæдæ дæ цæмæн хъæуынц уы- цы дардыл ныхæетæ?! — Илас Хынцæджы фырт, Илас Хынцæджы фырт!— дыууæ хатты дæр уыциу хъæлæсыуагæй загъта Са- лат æмæ йæм комкоммæ бакасти. Цомай йæ сахат систа, æмæ йæ Салатмæ^ бадардта. — Афтæ куы кусæм, уæд ныл ам сбон уыдзæн. Æнæхъæн сахат бадæм æмæ нырма нæ боны фæткæн йæ кæрæтты цы æрзылдыстæм, æндæр ын йæ хуылфмæ нæма бахызтыстæм. Нырма дæр ын йæ кæрæтты зи- лæм. Илас æм бакасти. — Нæ боны фæткы иу ф-арст ис æмæ доклад раджы фæци, куыд ма йын зилæм йæ кæрæтты? — Ныр æи цы ныддиссаг кодтат,— йæ бынатæй фе- стад Пора,,— цас ыл дзурдзыстут! Бригадирæй кусын афтæ ’нцон куы уаид, уæд-иу дзы алчидæр бакусид! Нæ дзы бафæрæзта æмæ фæци. Мæн нæ фæнды, ми- 171
нистр куы уаин, уый?! — Пора йæ уæхсчытæ фелхъыв- та æмæ цыма судзинтыл æрцæйбадти, уыйау сындæг- гай æрхаста йæхи бандонмæ. — Ды раст зæгъыс,— фæцырд æм Луарсаб.— Иæ бон нæ цæуы скъоладзаутыл, нæ йæм хъусынц. Луарсаб æмæ Цомай лæууыдысты æмæ кæрæдзимæ кастысты. Цомай афтæ æнхъæлдта: ныртæккæ Луар- саб сбаддзæни æмæ дарддæр дзурдзынæн. Фæлæ Луар- саб бадынвæнд нæ кодта. Сабыргай мердæм раздæхт. — Мæнæ ай Аслан нæу? Æмæ ма йæ бафæрсут, кæддæра уый æппæт сывæллæтты йæ сæрмæ куыд схи- зын кодта чызгæй-лæппуйæ? Цомай ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæхи фæурæдта, æрбадти. Йæ сахат йæ разы стъолыл æрæ- вæрдта. — Æппындæр æй нæ хъуыды кæнынц, ай, ай бæрц дæр æй ницæмæ дарынц,— Луарсаб йæ хистæр æнгуыл- дзы ных йæ уæллаг дæндæгты фæстæ фæтъыста æмæ, йæ цæсгом тынг нынцъылдтæ кодта, афтæмæй дæндæг- тыл æддæмæ рахæцыд, цыма сæ раппарынмæ хъа- выд.— Ай бæрц дæр, ай,— загъта ма ноджыдæр. иу- хатт Луарсаб.— Уæдæ мæнæ ай Пора нæу æмæ фæс- монгонд,фæуæд, раст чи нæ зæгъа дæуырдыгæй: искуы дæм зулдзыхы ныхас дæр скодтон? Уымæн æмæ дзы тарстысты. Ай та сын цыма лæгъстиаг у. Уыдон кæм- дæриддæр æрбадой, хъуамæ фæцæуа æмæ се ’хсæн сба- да! Уæд исчи афтæ кæны?! Гæр, ахуыргæнæг дæ æмæ дæ сæр сæрмæ хæсс. Æз бадтæн гыццыл гуыбырæй æмæ хъуыстон Луар- сабмæ. Мæхинымæры хъуыды кодтон: ау, ай æппæт ахуыргæнæгæй йæм афтæ ничи бадзурдзæн: «Луарсаб, Луарсаб, гормон!» Фæлæ нæй — Луарсабы сæ бакъуы- лымпы кæнынмæ ничи хъавыд. Алчи сæ йæхицæн бад- ти. Илас дæр. — Иннæ ахæм та йæ хæрды хъуыддаг. Сихор хæ- рой, æхсæвæр хæрой — семæ. Уæд афтæ гæнæн нæй, 172
æмæ уал уыдон бауадз. Фæлæуу, дæхи бауром. Кæн- нод, уый нæ зоныс, æмæ чызджытæй иу дæр хæрын -нæ бауæнды æмæ æххормагæй баззайынц? — Методикæ нæ зоны æмæ,— Пора мердæм нæ дзырдта, стæй хъæрæй дзурынмæ дæр нæ хъавыди, фæ- лæ йын æз хорз фехъуыстон йæ ныхас. — Методикæ та циу? — Цы?! — цæмæйдæр фæтарст Луарсаб. — Уый мæнмæ дзуры,— басабыр æй кодта Пора, стæй та мердæм раздæхти.— Куыд циу методикæ? — Гъо, цы у методикæ? — Æвæццæгæн, педагогикæ зæгъынмæ хъавыд,— мынæггомау хъæлæсæй æрбадзырдта сылгоймæгтæй чи- дæр. — Æмæ сæ цы уæлдай и? — йе ’рфгуытæ фæтынг кодта Пора.— Фæнды хъуырау дурыл цæв, фæнды дур — хъуырауыл. — Цытæ дзурыс, цы? — Лæджы дзурын бауадзут,— Салат йæ ручкйэ гæх- хæттытыл баппæрста æмæ æртæдæлармæй йæхи фæстæ- мæ ауагъта.— Фæдæ, Луарсаб, æви ма дæ исты зæ- гъын фæнды? — Фæнды ма мæ... Нырма мæ иугыццыл фæнды. Мæнæ Асланы тыххæй. Ахуыргæнæг у, æмæ йæм хъуа- мæ йæ ном æмæ :йæ фыды номæй ма дзуриккой? Афтæ нæ вæййы? Амæ дзы иу бадзурдзæн: «Аслан», иннæ йæм бадзурдзæн: «Аслан». Уæд сæ, фыд æрцæуа дæ хæдза- рыл, искæмæн йæ былтæ бакъуыр, æмæ дæ ныууадзой. Уæдæ мæнæ Порамæ— мах æй Пора хонæм,— цæуыл нæ дзырдтой афтæ? Искуы дæм сдзырдтой? — йæ къух æм тынг бадаргъ кодта Луарсаб. Пора йæ сæр батылдта. — Æмæ ма уæд мæ цард цард у? — Уымæй дæр сæ сайгæ кæныс, стæй сæ сайын ахуыр кæныс!—Æрдæбон афтæ фæнд кодтон: радзур- дзынæн, зæгъдзынæн бригады хъуыддæгты тыххæй, цы 173
бакуыстам, цы уыди зынæй нæ разы, куыд улæфæм. Ныр куыд бамбæрстон, афтæмæй уыдæттæ дзурын ни- цы пайда у, стæй дзы мæ раныхасы сæр дæр ннцæмæн хъæуы. Афтæ- бынатæй, æнæдзургæ кæм лæууы лæг, уымæй дæр Пора æмæ Луарсабмæ куы хъусай, уæд? — Цæмæй сæ кæнын сайгæ? — Куы райгуырдтæ, уæд дыл Петр Петры фырт сæ- вæрдтой? — Ницы хъуыддаг дæ и, цы мыл сæвæрдтой, уы- мæ. Æмæ дæхицæн бад. Дæ бон зон. — Уæдæ нæ сæттыс, нæ? — фехъуысти мæм æвип- пайды Луарсабы ныхас,— ма кæн, хуыздæр дын у. — Радзур-ма, цы дзуринаг дæ, уый æмæ фæу. Ам дæумæ нæ баддзыстæм мардмæ бадæгау. Цомайы цæстытæ базмæлыдысты Луарсабы ныхæс- тæм. Йæ къух мердæм радаргъ кодта, афтæмæй загъ- та фæлмæн хъæлæсыуагæй. — Аслан Астемыры фырт, уазæг у, æмæ йæ дзурын бауадз. Луарсаб йæ дысы ’гънæг рафтыдта æмæ йæ сахат- мæ æркаст, йæ мидбынаты æрлæудтытæ кодта æмæ загъта: — Мæ коммæ бакæсут — сисут æй. Уымæн æй си- сут æмæ дзы бынтондæр аргъуц ничи кæны. Æмæ адæ- мы сывæллæттæ кæрæдзййыл бафтыдысты. Гасбар æмæ Эдик куыд фæхыл сты, уый зонут? Кæрæдзи мардтой. Уæдæ дзы мæнмæ дæр иу къулбадæг куы лæ- бурдта. Æмæ мæм цæмæн лæбурдта, уæ зæрдæйæ? Ай аххосæй. Гæр, кæд ахуыргæнæг дæ, уæд де скъоладза- уæн «ма кæ» зæгъ! Æмæ дын мын мæ цонджы рæбын- тæм ма фæлæбура... Кæйдæр дзæгъæлызаинаг бел мæ быны фæци, уыййедтæмæ... Мæнæн мæ цæстытыл ауади: дынджыр санчъехтæй фæстæмæ фезгъоры Луарсаб, размæ куыд хъазуатæй фæцæйзгъоры, афтæ. Картофы кæримæ æххæст нæма бахæццæ и — фæуæлгом æмæ йæ къæхтæ тынг фæхъил 174
кодта хæрдмæ, цыма сæрбихъуырой кæнынмæ хъаъыд. Цыдæр худæг мæм смидæг. Фæпыррыкк кодтон иу хатт, дыккаг хатт, стæй схудтæн. Худтæн æмæ кастæн Луарсабмæ. " Луарсаб мыл иу хъæр фæкодта: — Хынджылæг ма скъæр, стæй хынджылæг скъæр!— иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд.—Гъеныр æм кæсут? Æз дзургæ кæнын, уый та — худгæ. Быдыры дæр аф- тæ, сывæллоны худтытæ æмæ сывæллоны митæ.— Луар- саб æрцæйбадти, фæлæ бандонмæ æххæст не ’рхæццæ, афтæмæй фæстæмæ йæхиуыл схæцыд.— Ныр а<фтæ ба- кæнæм, æмæ æз ацæуон, и? Фæлæууин уæм, фæлæ’мæ сысджыйы хуым абæрæг кæнын хъæуы.— Луарсаб ра- гъæнмæ бауад, йæ худ райста, йæ сæрыл æй æркодта, дуармæ йæ цонг фæцарæзта æмæ стыр къахдзæф акод- та къæсæры сæрты. Бафæлладтæн бадынæй. Афтæ мæм кæсы, цыма куы райгуырдтæн, уæдæй нырмæ бадгæ кæнын, ацы ран, ацы бандоныл, -афтæ гуыбырæй. Мæ цард та цард нæ уыд, фæлæ мын æй чидæр дзургæ ракодта æмæ мæ цæ- стытыл ауад. Кæд æвзæр кæй бадын, уымæн афтæ у— æмбырды чи ис, уыдон иууылдæр сæ хъус мæнмæ да- рынц, чи сусæгæй, чи æргомæй. Уый æнцон нæу мæнæн. Æви æмбырды тыххæй бафæлладтæн—ай хуызæн æнæ- зæрдæмæдзæугæ æмбырд никуыма федтон, цы йæ до- кладгæнæг, цы йæ раныхасгæнджытæ. Намæ мæхæдæг. Цы æнæбон, цы æвæрæзæй равдыстон мæхи! «Куы рай- гуырдтæ, уæд дыл Петр Петры фырт сæвæрдтой?» Цы фæрстытæ йæм радтон! Хæрзаг мыл сæхинымæр ху- дынц. Æхсæз æмæ ссæдз азы фæцæр, институт каст фæу, ахуыргæнæг су æмæ афтæ æнæсæрæнæй равдис дæхи! — Байхъуыстай Луарсабмæ, Илас Хынцæджы фырт. Луарсаб дæр ацы фарсты тыххæй хъуыды кæны, раст мах куыд хъуыды кæнæм, афтæ: æгæр уæззау уаргъ æрбайста йæ уæхсчытæм Аслæнбег Астемыры фырт 175
æмæ йæ хæссын нæ бафæрæзта. Аххосджын уый нæу, уымæн æмæ фæлтæрд нæма у —нæдæр зæххы куысты, нæдæр хъомыладон куысты. Аххосджын ам мах стæм— цæмæн æй бауагътам рæдийын, кæдæм касти скъолайы дирекци, партион организаци, профцæдисон организа- ци? Ныр’ын гæнæн нал и. Мах абон Осиайы-срырты ссæрибар кæндзыстæм уыцы куыстæй: бригад раттын хъæуы фидар къухтæм. Фæлæ мæ зæгъын фæнды цал- дæр ныхасы Аслан Астемыры фыртæн йæхи тыххæй,4 уымæн æмæ мæм афтæ кæсы, цыма куыд^ ахуыргæнæг, куыд хъомылгæнæг, афтæ раст фæндагыл лæуд нæу. Чи дæ ды? Ды дæ ахуыргæнæг. Чи сты уыдон та? Уы- дон та сты скъоладзаутæ. Уый рох кæнинаг нæу иунæг бон дæр. Дæ зæрдыл ма лæудзæни, Илас Хынцæджы фырт, æрæджы цы фарстытæ æмæ дзуаппыты æмбырд сарæзта, уый. Дæ зæрдыл ма лæудзысты йæ дзуаппы- тæ дæр. Ахуыргæнæг æмæ, дам, скъоладзау кæрæдзи- йы куы уарзой, уæд, дам, уым æвзæрæй ницы и. Уæдæ райдайæм не скъоладзауты уарзын, кæд дзы æвзæрæй ницы ис, уæд. Æмæ дзы кæд йæхæдæг искæиты уар- зы, уæд та?!. Æз фестадтæн. Цыдæр зæгъинаг уыдтæн, уæззау цыдæр, зæгъын дæр æй не сфæрæзтаин, чи зоны, фæлæ Илас мæнæй фæразæй: — Цомай, уыцы ныхæстæ ныууадз. Алкæмæ дæр нæ Аслæнбеджы хуызæн æгъдау уæд, æндæр æй нæ хъæ- уы. Цомай йæм иудзæвгар æнæдзургæйæ фæкаст, йæ былты кæрон зыхъхъырæй лæууыд. Æрæджиау загъта: — Ды куыд хъуыды кæныс — нæ зонын, фæлæ мæн- мæ афтæ кæсы, æмæ уыцы изæр зиан йедтæмæ пайда ницы æрхаста. — Цæмæн дæм афтæ кæсы? — бафарстон æз. — Афтæ у æмæ уымæн! — йæ сæр тынг фæхъил кодта Цомай. — Цæмæй бæрæг у, афтæ кæй у, уый? 176
— Кæд афтæ нæу, уæд мын ды зæгъ, цы пайда рад- та уыцы æмбырд скъоладзаутæн? — Афтæ фæрсын раст нæу. Иу æмбырд кæнæ иу боны хъвмыладон нысаниуæгыл хицæнæй дзурæн нæй. — Афтæ кæй хъуыды кæныс, бригад дæр уымæн фехæлд, гъе! — Цомай фæхъæлдзæгдæр.—Фехæлд, цал- дæр азы дæргъы зынтæй кæй фембырд кодтам, уыцы коллектив. ( — Уым коллектив куы уыдаид, ды куыд зæгъыс, ахæм фидар коллектив, уæд дыууæ мæймæ уый хæлын ницы хуызы бакуымдтаид, æз æрвылбон дæр æрмæст халыны куыст куы кодтаин, уæддæр. Кæд скъоладзау- ты уагахаст хуыздæр хъуаг у, кæд бригады коллектив нæй, уæд уый у амæй размæйы æвзæр куысты фæсти- уæг. Мæ аххос дзы ницы и. Ме ’взæр куысты фыдæй нырма ницы æрцыд. Дыууæ мæйы... — Мардæрцыд дæр уый у æмæ йæ дыууæ мæймæ кæй фехæлдтай! — Пора бахудти æмæ йын цыма худт исчи йæ цæсгомы джиппæвæрдæй атъыста, афтæ йыл, æнæзмæлгæ, æдзæмæй аззади. Цомай дарддæр йæ ныхасы кой кодта, фæлæ йæм æз нал хъуыстон. Æз кастæн Порамæ æмæ мыл дис бафтыдта, йæ худт æнæзмæлгæ куыд баззади, уый. Цы- ма адæймаджы былтæ, адæймаджы фындз, адæйма- джы дæндæгтæ нæ уыдысты, фезмæлын чи зоны, фæлæ сæ цыма æлыгæй счындæуыд. Уæдмæ йæ къух йæ цæс- гоммæ схаста æмæ æрбайсæфт худт, цыма йæ йæ къу- хы райста. Никуы федтон ахæм диссаг. — Вæййы ахæм ахуыргæнджытæ,— Цомайы ныхас та мæм хъуысын райдыдта,— æмæ æдых æвæрæз кæй сты, уый æмбæхсыны тыххæй скъоладзауты сæ сæрмæ схизын кæнынц, æз,*дам, сæ бирæ уарзын. Педагогикæ дæр, дам, афтæ амоны. Цымæ уыдон йедтæмæ ничи уарзы скъоладзауты, кæнæ педагогикæ уыдон йедтæмæ ничи ахуыр кодта. Ахуыргæнæг хъуамæ макуы рох кæ- на, ахуыргæнæг кæй у, уый, хъуамæ ма рох кæна, пар- 12 Хурвæндаг 177
ти æмæ йын хицауад йæ бæрны цы стыр хъуыддаг ба- кодтой, уый,— Цомай йæ къубал сивæзта, йæ къух тынг уæлиау систа,— рæзгæ фæлтæры, коммунизмараз- джыты хъомыл кæныны хъуыддаг... — Æмæ сæм хъуамæ ’ввахс ма цæуа, афтæмæй сæ хъомыл кæна,— хæрдмæ йæм скастæн æз. — Гъо, кæд мæ нал уадзыс, уæд! — Дæ ’хорзæхæй, Луарсабимæ иу скъолайы ахуыр кодтат?..— фестадтæн мæ бынатæй. Салат хъæрæй ныххудти, йæ сæр фæстæмæ ауагъта, йæ дæргъæццон цæсгом цармæ сарæзта. — Макаренко афтæ загъта: скъоладзауты чи нæ зо- ны, уыцы -ахуыргæнæг скъолайы даринаг нæу — дзыр- дæй дзырдмæ йæ мæ зæрдыл нæ бадардтон, фæлæ йæ хъуыды æмткæй райсгæйæ афтæ у.— Хъуамæ’ ахуыргæ- нæг уа скъоладзауты хуыздæр хæлар, хъуамæ сæ базо- на, базона сын сæ цард, сæ бон, сæ зæрдæйы æвæрæн- тæ. Æрмæст уæд бауыдзæн йæ бон кусын, æрмæст уæд. базондзæн, зæрдæйы æвæрæнты уæлдай цы ис, стæй дзы цы нæ фаг кæны, уый. Уый тыххæй та хъуамæ се- мæ бадгæ дæр акæнай, хъазгæ дæр, худгæ дæр, заргæ дæр, куы бахъæуа, уæд—кæугæ дæр. Афтæ амыдтой" мæнæн æмæ мæм раст кæсы уыцы амынд,— тагъд- тагъд æнæсулæфгæйæ радзырдтон æз. — Дæумæ раст цы кæсы, уый уартæ уæ хæдзары кæндзынæ. Ам та дын æз куыд зæгъын, афтæ кæн, уы- мæн æмæ скъолайы хицау æз дæн, æз дзуапп дæттын скъолайы куысты тыххæй. Цыма мын мæ уадул ныцъцъыкк кодта, афтæ мæ^г бахъардтой йæ фæстаг ныхæстæ. Æргом — гуымиры мæм фæкастысты. Тæрсгæ дæр кæмæй нæ кæнай, æф- сæрмы дæр, уымæн ис æрмæст ахæм ныхæстæ зæгъæн. Цы ис зæххы лæгæн йе ’дых бамбарынæй зындæр? Æмæ ма уымæй дæр, æдых кæй дæ, уый стыр тыхы раз ’куы банкъарай, æрдз цы тых æрæвæры адæйма- джы фæндагыл, ахæм тыхы раз, уæд ма æнцондæр нын- 178
ныхъуырæн у маст. Фæлæ цы зын вæййы, ахæм тых хуымæтæджы адæймагмæ куы разыны, уæд! Мæ цæсгом куыд сырх кæны, уый бамбæрстон. Æвæццæгæн, мæ цæстыты фæлм абадт — исдуг ницы уыдтон, стæй æрæджиау мæхи æрæмбæрстон, дард кæм- дæр æртæ сусхъæд бæласы кæрæдзийы къухтыл хæцæ- гау иу рæнхъыл кæм лæууынц, уым. Сæ быны — æз æмæ иу æрыгон ^сылгоймаг. Иæ бур-бурид мæнæуы хъæмпæнгæс дзыккуйæ иу коцора фæхицæн ^ æмæ уд- дзæфмæ бавнал-бавнал кæны, гæдыйылæппын хъазгæйæ йе ’мбалмæ куыд бавнал-бавнал фæкæны, афтæ.;. Уыр- дæм мæм хъуысы, лæгмæ йæ мидвынæймæ куыд фæхъуы- сы, афтæ: чидæр дзуры, чидæр æй дзурын нæ уадзы, йæ ныхасмæйын ныхасæппары мæстыйæ, рæтъувæнныхас... Фæлæ цæуыл дзурынц, цы дзурынц, уымæн æз ницы æмбарын. Æрæджиа"у æмбырды чи уыд, уыдон базмæ- лыдысты, иугай-дыгай кæрæдзийы фæдыл хызтысты æд- дæмæ. Æз мæхи æрæмбæрстон кæрты рахизæны. Фæлæу- уыдтæн, цыма мæ мидæгæй исты ферох, æхсызгон мæ чи хъæуы, ахæм исты, мæ дзыппытæ асгæрстон, аджих дæн. — Тæккæ райсом,— хъуысы Цомайы ныхас,— æмæ сын сæ рохтыл æрхæц. — Цытæ дзурыс, æз райсоммæ ам лæууын? Тæккæ • абон æз уым уыдзынæн. Æрра дæ, ардыгæй райсоммæ... Скъолайы машинæ ам нæй? Мæ хуыссæнтæ дæр ала- син, уæдæ ма сæ цæмæ уадзон?.. Цомай æмæ Пора мæ иувæрсты ахызтысты. 13 — Ай диссаг нæу, стыр диссаг, адæмæн дзурина- джы диссаг — æгас уалдзæджы дæргъы иу æхсæв дæ хæдзары ма сбон кæнай,— мæ мад пецы фарсмæ лæу- уы, йæ галиу къухæй ссад кæны цуайнаджы, рахиз 179
къухæй хæцы стауæныл æмæ йæ тымбыл зилы. Рахиз къухы æнгуылдзтæ æнæрлæугæ зæрынц ссад, карчы цъиутæн лæхурæджы змæст куы фæдæттьГ,' уæд уый дæр афтæ фезæры. Иæ къабайы рæзтæ æмæ йæ разда- рæн йæ къæхты ’хсæн бакодта, пецы къулмæ куыд нæ хæццæ кæной, афтæ. Æз хуыссыдтæн тæрхæгыл. Мады ныхæстæм нæ хъуыстон. Мæнæн мæ хъуыдытæ размæ нæ — фæстæмæ здæхт уыдысты. — Дæ фыды ма фенай, де ’фсымæры ма фенай, дæ ныййарæг мады ма фенай! Уæд уый æгъдау у, æмæ куыд æгъдау у, кæцырдыгон æгъдау у! Æмæ та-иу ногæй ауыдтон мæхи искæй фенæгау. Фæцæуын хъæуы уынгты. Цалдæр къахдзæфы акæнын æмæ та мыл æртæфсы, мæ фæллад уыд, мæ маст уыд, æви сæ дыууæ иумæ уыдысты? Къахдзæф кæнын нал арæхсын, нал фæразын æмæ та æрлæууын. Иу рæстæ- джы ауыдтон Гасбары фыд Гигуцайы. Уый бадти сæ дуары рахизæны быруйы рæбын. Йæ къухы уыди урс, сæнт урс халамæрзæны хъæд. Авджы цъæлæй йæ лæгъ- зытæ кодта. Бацыдтæн æм æмæ йæ фарсмæ мæхи æруагътон. Лæг мæ куы- ауыдта, уæд фестад, йæ даргъ кæттаг хæ- доны тæрттæ æрцагъта йе ставд цыбыргомау къухтæй. — Ай Аслан куы дæ æмæ дæ куы нæ ауыдтон! Кæ- цæй фæдæ? — Мæ къух мын райста. Куы ницы йæм сд-зырдтон, уæд йæ халамæрзæныхъæд сисыл бахъил кодта.— Бафæлладтæ, мæгуыр,— загъта хъæрдæрæй, цыма мыл бустæ кодта, уыйхуызæн, сыстади æмæ мæ мидæмæ акодта. Пецы дзулфыцæнæй райста цæхæра- джыитæ. Графин стъолыл æрæвæрдта, æрбадти. Æз кастæн цæхæраджынтæм æмæ хъуыды кодтон, цымæ дзы ахæрдзынæн æви нæ, стæй дзы, миййаг, куы ахæрон, уæд æй аныхъуырдзынæн æви нæ? Сыкъа райстон, хæцыдтæн ыл, кастæн æм, цыма йын æндæр ницы хъуыди. 160
— Аназ æй,— мæ къухыл мын мæхирдæм рахæцыд Гигуца. Сыкъа афтидæй Гигуцамæ радтон, цæхæраджы- нæй ахордтон. Иу комдзаг, дыууæ комдзаджы, æртæ.,. Цæхæраджын хæрзадæй хæрзаддæр кодта... Хур ныкъкъул и хæхты сæрмæ, афтæ рацыдтæн Ги- гуцатæй. Гигуца мæ фæдыл рахызт. Æз уыдтæн хъæлдзæг æмæ ныфсджын. Дуне та уыд стыр æмæ хурджын. Уыцы стыр дунейы астæу кæмдæр, дард кæмдæр лæууыди Стефæ. Хур йæ тынтæ сарæзта иууылдæр Стефæхмæ, стæй сæ Стефæ фæлмæн æмæ хъæр- мустæй æрвыста дунемæ. — Дæлæ Пора уым нæ куыста, дæ бынаты, Соскъа- ты Пора?! Æмæ-иу æй æз фылдæр ам уыдтон. Чындз- æхсæвы дæр-иу æй федтон, куывды дæр-иу федтон, алы ран дæр-иу æй федтон. Мæнæн ныццыди æмæ уым ба- царди, быдыры мидæг. Цыма дын уый уæлдай йæ сæ- рæй стджытæ исдзæн не скъолайы директор! Мады ныхæстæ ацахстон, стæй та фæстæмæ Гигу- цаты раз фестадтæн. Иу-дыууæ къахдзæфы æддæдæр лæууын Гигуцайæ æмæ хъусын мæ зæрдæйы гуыпп- гуыпмæ. Хъусгæ нæ — æнхъæлмæ кæсын иу цæфæй иннæ цæфмæ, æнхъæлмæ кæсын, кæд фæсабырдæр уы- дзысты — нæй, дзæгъæлы! Цæвы зæрдæ, цыма риуы цыдæр фыдбылыз бабадти æмæ йæ хъæлæсыл уæлæмæ сæппарынмæ хъавы. Æрæджиау, æцæгдæр, риуæй цы- дæр фæхицæн, фæлæ уæлæмæ не схауди æххæст — кæмдæр хъæлæсы абадти æмæ уыцы уæззауæй улæфæн- тыл анцади... Стефæ! Кæм и афонмæ Стефæ?! Кæд афонмæ^киномæ фæцæуы кæйдæр лæппуимæ, уæд та? Кæд чындзы цæуынмæ цæттæ кæны йæхи, уæд та? Æмæ кæд афонмæ ацыди, уæд та?!. Æмæ æз фæфæнд кодтон горæтмæ цæуын. Куыд уыдтæн, афтæмæй. Уырдыгæй, Гигуцаты разæй. — Уæ минас бирæ уæд. Горæтмæ цæуын мæ хъæ- уы... 181
— Горæтмæ? — бадис кодта Гигуца.— Æмæ иуæй тшр иЗæр у, иннæмæй уыцы Æусæн дарæсы... — Цы уæлдай у? — мæ къух ауыгътон æз. —* Уæхимæ уæддæр куы бахæццæ уыдаис. Уæ би- нонты дæр федтаис... — Бæргæ сæ федтаин, фæлæ мын æнæ цæугæ нæй! — Гигуцайæн тæригъæд кодтон, йæ коммæ кæй нæ кастæн, уый тыххæй, фæлæ мæхи æруромын нал .зыдтон. — Хорзыл амбæл уæдæ, мæ уд... Хур фæцæйныгуылд, афтæ ныххæццæ дæн горæтмæ. Мæ ных бульвармæ сарæзтон. Цас æм хæстæгдæр цыд- тæн, уыйас тынгдæр хицæн кодта мæ дарæс адæмы дарæсæй. Мæ кусæн уæззау цырыхъхъытæ, мæ адаргæ æлыггъуыз гæлифе, мæ дæргъытæ хъæдабæ къурткæ, мæ къепкæ худ... Бульвармæ бахæццæ дæн. Кæсын иу- ырдæм, иннæрдæм. Дытоæ зылды æркодтон, стæй Тер- чы былтыл уæлæмæ фæцагайдтон, цæнгæт хидыл ахыз- тæн. Уыйфæстæ кæуылты цыдтæн, цас цыдтæн — ниц- уал сын зонын. Иуафон бафиппайдтон, мæ ком кæй ныххус, мæ сæр кæй риссы æмæ тынг фæллад кæй дæн. Мæн фæндыди: искуы доныбыл дæлгоммæ ныххуысс, ,дæ сæр доны нытътъысс бынтондæр æмæ нуаз æмæ нуаз. Æппынæрæджиау бульвармæ æрбахæццæ дæн. Кæ- сын æмæ мæ цæстытыл не ’ууæндын: бульвар кæрæй- кæронмæ афтид. Цы хабар у, адæм цы фесты? Мæ са- хатмæ æркастæн — дыууадæсæм райдыдта. Мæнæ ду- нейы диссæгтæ!- Фондз сахаты, æнæхъæн фондз сахаты рацу-бацу кодтон горæты уынгты! Мæ дæле*бæлæсты бын афтид бандæттæ дыууæ рæгъæй. Иуыл дзы æрба- дин, фæлæ фæстæмæ сыстын куы нал сфæразон, мæ фæллад мыл бынтон куы æртæфса, куы ныффынæй уон. Мæ ных риссы. Мæ ком дæр фыццагау — хус. Ба- раст дæн уазæгуатмæ. Дуарбахизæны галиуырдыгæй дъæхахуырст гæрæны бадти иу’æрыгон сылгоймаг æмæ 182
кæсæны касти, афтæмæй урс-урсид фæткъуы хордта. — Бынат мæ хъæуы...— райдыдтон æз æмæ гæрæны къулыл мæхи бауагътон. — Бынат нæм нæй,— фæурæдта мæ сылгоймаг. Хæрдмæ мæм къæйных каст скодта. Иæ уадултæ уыды- сты, цы фæткъуы хордта, уый цъары хуызæн урс, йæ сæрыл мыдадзхуыз æрттиваг хъуынтæй дзыккугонд ны- хæст—бæрæг хицæн кодта сылгоймагæн йæхи дзыкку- тæй. Йæ тымбыл былтæ — тарбын сырх ахорæнæй дар- дыл ахуырст. — Фæллад дæн æмæ, дæ хорзæхæй, иу бынат... — Фæллад нæ, фæлæ расыг дæ æмæ æнæмастæй дæхи айс,— чызг та йæ фæткъуыйæ ахордта æмæ* мæм йæ ахуырстбын цæстытæ сзылдта. Уыцы рæстæджы дуар æрбайгом, æмæ дзы иу тæл- мытæ цъарджын чумæдан йæ разæй æрбатъыста, иннæ йæ фæдыл дуарыл хойгæ æрбахаста бæрзонд хæрз- хуыз нæлгоймаг. Иæ уæлæ — уæгъд гæлифе æмæ даргъ- гомау, йе ’рбадæнтæй чи фæдæлдæр, ахæм пинджак. Лæг уыди æнæдаст, йæ уадулты хъуынтæ æрттывтой^ чызджы раз стъолыл цы ныллæг цырагъ уыд, уый рухс- мæ. Лæг йæ чумæдантæ æрæвæрдта, йæ къух йæ пинд- жачы тары атъыста. — Бынат нæм нæй,— радзырдта йæм сылгоймаг гæрæны сæрты, йæхæдæг кæсæны акаст æмæ йæ хъус- сæгмæ сæвнæлдта. — Бынат ис,— æнæмæтæй загъта лæг.— Æз алы- хатт дæр ацы уазæгуаты вæййын. Фен-ма,— æмæ сыл- гоймаджы раз йæ паспорт æрæппæрста. Уый паспорт систа, райгом æй кодта, стæй йæ фæстæмæ æрæвæрдта. — Дыккаг уæладзыг, фарæстæм хатæн. Лæг йæ чумæдантæ хъæрзгæ-нæтгæ асинтыл уæлæ- мæ ахаста. — Мæнæн цæуылнæ радтай бынат? — Ды дæр ма ам дæ? Уайгæ, цалынмæ милицæмæ- 1ва
нæ фæдзырдтон, уæдмæ,—’стъолы лагъзæй, чысыл раз- дæр кæй хордта, уый хуызæн фæткъуы систа æмæ йæ кæсæнмæ кæсгæйæ йæ тымбыл ахуырст былтæм схаста. Æз ын фæткъуы йæ къухæй сыскъуыдтон, мæ къух дард фæхастон, тынг дард, фæстæмæ цас тасыди, уый уонг; мæ цæстытæ сылгоймаджы сæрмæ ныццарæзтон, цъусдуг афтæ аззадтæн, стæй мæ мидбынат æрзылд- тæн, фæткъуы дуарыл сæмбæлд æмæ схъисгай къуым- ты ныппырх. Уыйфæстæ цы уыд — нæ зонын. Фыццаг устытæ, фæстæдæр лæгтæ, æртхъирæнтæ, æлгъыстытæ. Радгæс сылгоймаг та-иу йæ къухмæрзæн йæ цæстытæм бахаста йæхæдæг-иу къухсæрфæнмæ æркаст, цыма йæ цæстытæй цæссыг нæ фæлæ туг рацæуын æнхъæл уыд. Фæзынди, чумæдантæ кæмæ уыд, уыцы лæг дæр. Иу- варс мыл ахæцыд, цыдæртæ мын дзырдта: «Никæй федтай, ницы федтай... милицæ, дæхæдæг нæ зоныс?.. Паспорты, ома, æхца? Цытæ дзурыс?» Уыйфæстæ та^ милицæ. Нæ зонын, сæ фæзынд мын афтæ æхсызгон’ цæмæн уыд. Уынджы семæ машинæмæ куы фæцæйцыд- тæн, мæ къахайст дыууæ милиционеры къахайстмæ куы баиу и, уæд мæхимæ фæкастæн цыдæргъуызон — хъæ- батыр, райго.нд, сæрыстыр... •Мах къахтам къанал, дондзæуæн хæтæлтæ кæм ауа- дзынц, ’ахæм къанал. Нæ иу æрдæгмæ нын белтæ рад- той, стыр къуырф- белтæ, иннæ æрдæгмæ та — джир- къатæ. Мæнмæ дæр джиркъа æрхауд. Мах-иу—джиркъа- джынтæ — фæкъахтам, фæкъахтам, стæй-иу къахт сы- джыт, белтæ кæмæ уыд, уыдон скалдтой, æмæ æдзух- дæр къаналы былыл дæргъæй-дæргъмæ сыджыты оба- уы уæлæ кæнæ джиркъаджынтæ лæууыд, кæнæ — бел- джынтæ. Хицау йæхæдæг рауай-бауай кодта къаналы иннæ былыл, йе ’рттиваг барæнимæ-иу куы кæм фæ- гуыбыр кодта, куы — кæм. Къаннæггомау стыр сæрджын лæппулæг. Йæ фæсмын тегла худ фæсте уыди тынг схъæл’ хæрдмæ, разæй та — тынг гуыбыр уырдыгмæ. 184
Йæхимæ сыбыртт кæнын-никæй уагъта. Уайтагъд-иу фесхъæл и. — Иу гæххæтты гæбаз йедтæмæ мæ нæ хъæуы. Æмæ ма дын, дæс суткæйы уа — фынддæс суткæйы уа, авæрын кæндзынæн. Æз-иу æм кæсгæйæ баззадтæн. Стæй та-иу адзæгъæл дæн размæ нæ — фæстæмæ, дысоны æхсæвмæ. Мæ цæс- тытыд-иу ауади уыцы стыр хатæн, æртæ уæладзыджы сынтæджытæ. Алыхызон адæм, алы кар, алы ас... — Куыддæр ма ахсæв схуыр-хуыр кæнай,— дзуры фидæрттæарæзт урсцæсгом лæппу йе ’мбалæн — цыдæр худындзаст зæронд лæгæн,— афтæ дын дæ хурх бабæт- дзынæн. — Цæмæй мын бабæтдзынæ мæ хурх? — цыма йæ худын тыххæй уромы’, афтæ фæрсы зæронд лæг. . — Мæ ронæй. — Æмæ дын цæй рон и? Дæ рон кæм и, уый нæ зонын, æнхъæл дæ? — Мæнæн мæ мидæггаг хæлафыл дæр рон и. — Æмæ дыл цæй мидæггаг хæлаф и?—Лæг схудти, йæ бинаг æнæдæндаг æфсæр размæ ралæст. Мæ фарс мын бацавдæуыд. Фесхъиудтон, мæ джир- къайы хъæд мæ къухæй фелвæст. Мæ цуры лæууыд хицау. — Цы кæныс? — Афтæ куы кусай, уæд ма дын, цыма, дæс суткæ- йы авæрын кæндзынæн. Дæс уа — фынддæс уа... Æз багуыбыр дæн къаналы — къанал уæраджы фæ- тасæнтæй фæарфдæр и — къахтон, мæ тых-мæ бонæй цавтон джиркъа хъæбæр дурджын зæххы. Кæд-иу æнæ- дур ран сæмбæлд, уæд-иу суанг рæбынмæ афардæг, æз- иу ын йæ хъæдыл дыууæ къухæй схæцыдтæн æмæ-иу къæхтыбынмæ .рахауд хъæбæр сыджыты тигъджын фæрчытæ. Фæлæ-иу хаттæй-хатт джиркъайы тæккæ комкоммæ фæци дур æмæ-иу уæд джиркъа æмæ дур цæхæртæ акалдтой, æмæ-иу цыдæр хусысмаг аныдзæвд 185
фындзыл... Мæ цонджы хæцъæфтæ ныууæззау, ныкъ- къуырма сты, мæ къæмисæнтæн сæ дзæхст-дзæхст цыд, мæ хъустæн — сæ гуыв-гуыв. Уæддæр къахтон, бæр- зонд истон джиркъа. Зæнгтæ, уыцы дыууæ зæнджы... Мердæм лæууыдысты уæле, ног калд сыджыты уæлæ. Сæ иу чысыл раздæр, иннæ — фæстæдæр, цыма цæугæ дæуын андзыг сты. Мæнæ кинойы куыд вæййы, афтæ. Кæцæй фесты, кæ? Æмæ мын сæ фенд цæмæн афтæ æхсызгон у? Кæд ма сæ искуы федтон, кæд мын исты хорз æрымысын кæндзысты мæ цардæй. Джиркъа йæ- хиуæзæй æрхауд, зæнгтæ фезмæлдысты æрхъæцмæ нал хъæцынц. ~Сæ иу æххæст нæма æрæнцайы зæххыл, æмæ иннæ ф<æразæй вæййы. Сылгоймаджы уæлæ цы игæрхуьм тæнæг къаба и, уый дæр æнцой нал зоны, æмызмæлд сси дысæй, фæдджийæ... Æмæ куыддæр чызджы æндæр- гæй фæхицæндæн, афтæта мæ цæстытыл ауадысты дысо- ны лæгтæ. Алы кары лæгтæ, алы аслæгтæ. Цалдæрæй æртымбыл сты иу мæллæг зæронд лæгыл, цин ыл кæ- нынц, фæрсынц æй’ йæ хабæрттæй. — Æдде цас фæдæ? — йæ уæрагмæ йын бавнæлдта, йæ цуры цы тымбылцæсгом хъæбæрхъис- лæг бадт, уый. — Цы дзы фæдæн, цæ! Дыууæ æхсæвы. — Æндæр нæ? — Кæм сты, уæдæ, Агъæц-ма,— мæллæг лæг йæ къухтæ йæ сæры бынæй раласта, йе ’нгуылдзтыл аны- мадта. — Иу æхсæв фæдæн станцæйы, иннæ æхсæв фæдæн • æрвонггæнæны, иннæ æхсæв та — милицæйы. Уыдон цал цæуынц? Æнæмæнг æртæ уыдысты, æртæ æхсæвы, иу дзы фæрæдыдтæн,— лæг та йæ къухтæ йæ сæры бын - бакодта. Чи йæ фарста, уыцы хъæбæрхъис лæг хъæрæй ных- худти. —, Ох, Иннокентий, Иннокентий... — Иннокентий нæ, фæлæ Винокенти,— æрбадзырд- та иннæтæй чидæр. , 186
— Цал суткæйы та дын афыстой дæ чъылдымыл? * — Фынддæс суткæйы мын" радта. Фæрсы дын мæ, цалæм хатт, дам, æрбахаудтæ ныр. Зæгъын, цыппæрæм хатт. Æ^мæ, дам, дын худинаг нæу, ныр, дам, ацы за- къон куы нæ рауагътаиккой , уæд, дам, кæм цардаис? — Æмæ йын цы загътай? — Æмæ йын цы загътаин?.. Ныр уал мын фынд- дæс суткæйы радта,— тынг разыйæ батылдта йæ сæр,, йæ къæхтæ йæхирдæм æрбаласта, йæ зæнджы фæ- къæдзгæнæнтæ уæлæмæ, цармæ цыргъæй баззадысты... Джиркъайы хъæд цыма исчи сойæ ныссæрфта — мæ къухæй фæцæйбыры, тыххæй ма йын бауромын йæ кæ- рон. Зæхх дæр, æвæццæгæн, ам хъæбæрдæр у. Дур-- джындæр. Æппындæр дзы нæ хизы джиркъа. Уæртæ* хицау æрбацæуы. Иæ барæн айтынг кодта, афтæмæй йын йæ кæрæттыл хæцы... Джиркъа уæлæмæ куы фæ- хæссын, уæд сраст вæййын æмæ йæ мæ цæсты тигъæй ауынын. Стæй та ауыдтон’ æрдæбоны зæнгтæ... æмæ къаналы хицау йæ барæнимæ мердæм куыд æрбацæй- цыд, афтæ фæтары... Зæнгтæ æрбауадысты, æрбауады- сты тагъд-тагъд, фæлæ цыма цæмæйдæр тарстысты... Мæ- нæ тæхаг цъиу кæрты хоры нæмыг кæнæ къæбæры муртæ уидзгæ куыд тæрсгæ-ризгæ æрбацæйуайы, афтæ. Фæлæу- уыдысты, æрдæбон кæм лæууыдысты, уым, цъусдуг ан- дзыг сты, диссаг фенæгау, цыбæл дæр кæмæ суай, фæ- лæ тæрсгæ дæркæмæй кæнай, ахæм диссаг фенæгау,. стæй фæстæмæ фæзылдысты. Æз джиркъа аппæрстон, къаналы был алæууыдтæн, сыджыты рагъыл размæ аз- гъордтон. — Стефæ... Уый нæ фæкасти. Тагъдæй-тагъддæр иста йæ къæх- тæ. — Стефæ!.. Мæ разы февзæрди сæр. Стыр сæр. Тегла худы кæ- рон разæй уырдыгмæ къæдз, фæсте — хæрдмæ, тынг къæдз разæй дæр æмæ фæсте дæр. 18>
— Ам дæр дæ митæ нæ уадзыс, нæ! — Стæй мæм йæ чъылдым фездæхта, æвæццæгæн, Стефæйы фæстæ каст.— Ныр уый дæр кæд лæгахсæг нæу, уæд цал цыды æрбакодта?.. Чидæр кулдуар ныххоста. Æз фесхъиудтон. Фæтар- стæн. Мад мæм æрбакасти. — Абон дæ нæ ауадздзынæн, фæлæ йæ зон. Алæ- ма чи у, æз æм акæсон. Изæры мæ бинонтæ иумæ хъарм æхсæвæр цæмæн бахæрой! Мад ауад тагъд-тагъд æмæ фæстæмæ фездæхт, цы- ма дуары онг хæццæ дæр нæ аци, афтæ мæм фæкаст. — Нæ дын загътон? Æрæвæрдта дын директор. Æрбарвыста дæм. Мæнæ уал бахæр. Дзыкка дын скод- тон. Лидзгæ никуыдæм кæны. Æз сыстадтæн. Ме уæнгтæ аивæзтон, ныззæмбыд- тон. Сындæггай араст дæн дуарырдæм. — Нæ хæрыс?! — фæрсгæ мæ кодта æви мыл хъæр кодта мад, уый дзæбæх нæ раиртæстон.— Ма ацу æх- хормагæй, кæдæм цæуыс? — Мæ зæрдæ нæ зæгъы. Тагъд æрбаздæхдзынæн æмæ уæд... — Æмæ уазал дзыкка цæмæн бæззы? Æз æм дзурын ницуал сфæрæзтон. Дуарыл мæ сы- нæгæй ахæцыдтæн. Цомай тынг ныггуыбыр йе стъолмæ, æнæвдæлон- хуыз гуыбыр æмæ йæ тых йæ бонæй фыста. Цытæ йæм фæцæуы! Ныр, ома, мæнæйуый афтæ зæгъа: <'Кæс-ма, куыд æнæвдæлон у!..» Стæй та хмæм артисты хуызæн фæкаст, мæнæ исты диссæгтæ чи февдисы, ахæм с;рти- сты хуызæн Иæ къух иу ран нал лæууы. Фыссы. Æйтт кæны. «Социалистон революци», «Социалистон револю- ци», «Социалистон...» Иæ къухфыст зын æвзарæн уыд, уæлдайдæр уырыссагау, дзырд-иу æрдæджы уонг афыс- та, ,стæй-иу æй фæкъæдзтæ кодта... Фыссы, æвæццæгæн æм афтæ хæстæг бацыдтæн, уый æнхъæл нæу. Æрæ- джиау мæм скасти, уæддæр йæ фыссын нæ ныууагъта. 188
Р1æ цæстытæ сыгъдысты цавæрдæр æрттиваг зынгæй. Куы мæ федта, уæд фæхудындзаст æмæ та мæм ногæй артисты хуызæн фæкаст: мæнæ ныртæккæ йæ разы цы гæххæттытæ ис, фыстæй-æнæфыстæй атымбылтæ сæ кæндзæн æмæ сæ йæ дзыхы нæмын райдайдзæн. Æу- уылд сæ куы фæуа, уæд йæ хъæлæсы йæ къух атъыс- дзæн æмæ дзы уæлæмæ ласын райдайдзæн алыхуызон цыллæ хъуымацы уадздзæгтæ — арвхуызтæ, зынгхуыз- тæ, сырхытæ, буртæ, нарæг уадздзæгтæ, гыццыл чыз- джыты дзыккутыл кæй бабæттынц, ахæмтæ... — Кæм дæ? — Мæнæ дæн. / Лæг йæ гæххæттытæ амбырд кодта, фыстæй-æнæ- фыстæй сæ стъолы лагъзмæ ныппæрста, стæй мæм иу гæххæтт æрбадардта, кæсгæ мæм не ’рбакодта, раст цыма йæ цæстыты цы зынг æрттывта, уый мæныл куы аныдзæва æмæ куы ахуысса, уымæй тарсти. Æз зыдтон, милицæйæ скъоламæ ахæм гæххæтт кæй асрбарвитдзысты, уый — сæхæдæг мын æй загътой, фæ- лæ куыд тагъд æрбахæцца^ ууыл бадис кодтон. — Хорз нæ рауади, бæргæ, мæ хæстон... ахуыргæ- нæг,— Цомай йæ къухтæ кæрæдзийыл аууæрста, сы- стад,— фæлæ тыхсгæ ма кæн, æз дæр дын нырма удæ- |гас лæппу . дæн. Суворов куыд загъта, уый зоныс? «Хæстмæ дардæй ма кæс, фæлæ дзы смидæг у, стæй уым бæрæг кæндзæн, куыд хæцын хъæуы, уый». Æз дæр бавдæлдтæн æмæ сын дзуапп ныффыстон. Хæсты уал смидæг дæн, дарддæр йæхи йæхæдæг амондзæн уа- вæр. Ныртæккæ йæ... фысгæ мæ куы ’рбаййæфта.й. Уæ- дæ йæ цæмæн хъæуы хæссын адæмы ’хсæнмæ? Чи йæ зоны, кæмæ сæ цы фæндон фæзындзæн. Стæй скъола- дзауты ’хсæн нæ ныччитт-читт уыдзæн? — Æмæ афтæ куы рауайа хъуыддаг, уæд ма дын ам кусæн и? Уæдæ йæ районы ахуыры хайадмæ дæр фехъусын кæнын хъæудзæн уæд. Цыбыр ныхасæй, дæ бынаты æз афтæ бакæнин: иу дзæбæх æмбал ссарин 189
æмæ тæккæ райсом уæртæ хæхтæм афардæг уаин. Иу- дыууæ-æртæ къуырийы дæ хæстæджытыл фæзил. Æз, фыццаг кæм æрлæууыдтæн,, уыцы ран лæугæйæ баззадтæн. Афтæ мæм касти, цыма мæ æппындæр уæз нæй, зæххыл нæ хæцын æмæ мæ кæцы фæнды уысм дæр уæлдæф сисдзæн æмæ мæ æнæсæрфат хъеллаугæнгæ уæ- лæмæ ахæсдзæн, цары къуымтæй искæцымæ, ~хус бум- були куыд ахæсса, афтæ. Мæ риумæ куы ныккастæн, уæд дзы федтон рухс, мæнæ хуры тынтæ мигъты иу- вæрсты зæхмæ куыд æрхауынц, афтæ хауди рухс, фæ- лæ уыцы рухс йæхæдæг дардта аууон. Аууон та хуы- мæтæг аууон нæ, фæлæ мæйдар æхсæвау талынг. Афтæ зынди: рухс æмæ талынг мæ риуы фестадысты хъæ- бæр, дойнаг дурау хъæбæр буаргъæдтæ, æмæ кæрæдзи- йы æддæг-мидæг ацæуыны бæсты, фæйнæрдæм хæссынц риуы къултæ æмæ ныртæккæ уæлдæфы ауындзæгæй аззайдзынæн. Бандоны æнцойгæнæныл ныххæцыдтæн мæ дыууæ къухæй. — Куыд уыди, уый зоныс? — дзурын хъæрæй Цо- маймæ. — Уый мын æндæр хатт радзурдзынæ. Иу æвдæ- лон рæстæджы. Æз разылдтæн æмæ сындæггай рацыдтæн — раст ихыл цыдтæн æмæ фæбырынæй тарстæн. Афтæ фæцыд- тæн суанг æртæ бæласы бынмæ, уым æдзæмæй аззад- тæн, цымæ мæ тæккæ раз сæрсæфæн был уыди. Мæ разы февзæрди Цомай. Йæ цæстытæ æрттивынц, цыма йын кæнгæ цæстытæ сты, авгæйарæзт цæстытæ... Йæ бьыты кæрон зыхъхъыр, зæрватыччыты ахстоны дуары хуызæн. Æмæ уæд мæ сæрыхъуынтæ базмæлдысты, альг хил дæр — хицæнæй, уырдыг сæ слæууын фæндыд, æвæццæгæн. '«Куыд? Куыд ын сразы дæн?» «Куыд?» «Куыд?» «Куыд?» — уыцы фарст дзæбугæй цæвæгау цавта мæ зæрдæйы алы гуыпп дæр æмæ мæ сæры тугдадзинтае? 190
сæх-сæх кодтой, цыма сæ туг ныронг куыд тадзгæ-бар- гæ цыд, афтæ нал — фæлæ сæ къæртайæ калæгау кал- ди. «Куыд?» «Куыд?» Цомайы куыд ныууагътон, афтæ бадти йæ бынаты. — Нæ мæ фæнды афтæ, мæ бон нæу,— мæ цæстытæ æрцъынд кодтон, афтæмæй загътон æз, дуарæй куы ба- хызтæн, уæд. — Цы дæ нæ фæнды? — Нæу мæ бон. — Дæ бон кæй ницы у, уый æз хорз зонын. Дæ цæс- тытæй ракæс æмæ дзургæ кæн, цы дыл æрцыди! Æз мæ цæстытæй ракастæн, фæлæ уынгæ рæстмæ ницы кодтон. — Цомай Дудайы фырт, æмбырд скæнут æмæ ми- лицæйæ цы гæххæтт æрбарвыстой, уый æмбырды æрæ- вæрут. Афтæ уыздæр уыдзæн. —- Афтæ хуыздæр уыдзæн,— сфæзмыдта мæ,— сæ сæт дыл куы фæкалой ахуыргæнæгæй, пъолмæрзæгæй, сендæрæй, уæ-д бирæ хуыздæр уыдзæн.— Йе стъолы лагъзыл рахæцыди.— Æз — дердæм, ды — хæйрæджы- тырдæм. Гъа, мæ хур, дур дæ гуыбыны,— Цомай стъо- лы лагъзæй систа, æрдæбон дзы цы гæххæттытæ ны- вæрдта, уыдон, аскъуыдта сæ сæ астæуыл æмæ сæ къа- латийы ныццавта.— Уæ хæдзары бад, къахдзæф дæр никуыдæм.— А дыууæ боны дын дæ хъуыддагмæ æр- кæсдзыстæм. Бæлæсты бынæй куыддæр ахызтæн, афтæ мæ тæккæ раз фæлæууыд машинæ, æлвæст б1ехы хуызæн размæ атæхынæввонг, фæлмхуыз кæттаджы бын бæрæг дард- той йе ’лвасæнтæ, цыма йе ’хтæнгтæ уыдысты. Маши- нæйы дуар фегом. — Кæлинæ, æз уал колхозмæ суайон, ныртæккæ ардæм хъæуы мæн дæр. Кæлинæ! Куыд æхсызгон мын уыди йæ уынд! Зæх- хы цъарыл афтæ тынг никæй уындыл бацин кодтаин ныртæккæ. Чи зоны, Стефæ куы февзæрдаид мæ разы 191
афтæ æнæнхъæлгæ... фæлæ Стефæйы хабар æндæр у. Стефæйы фенд мын уыдаид судзгæ æхсызгон, рисгæ æхсызгон. Кæлинæйы фенд та мын фæлмæн æхсызгон у, адджын æхсызгон. Уыцы уысм æз мæхимæ фæкастæн чызджы хуызæн, цингæнаг, тæнзæрдæ чызджы хуызæн... — Мах та афтæ æнхъæлдтам, абырæг алыгъдтæ.— Кæлинæ мын мæ къух райст’а, стæй йæ ныхас даргъ ауагъта, искæй фæзмæгау: — Де скъоладзаутæ дæл- фадихсыд куы баисты дæ агурынæй, уæд кæм дæ, кæ> Аслæнбег? — Мæхæдæг дæр ын ницуал зонын. — Цомай Дудайы фырт’уын ам и? — Ам и. — Цом-ма, хъæуы мæ. Æз фæстæмæ иу къахдзæф акодтон. — Цом-ма, цом, æз уæ Дыууæйы дæр æрфæрсон,— мæ дысмæ мын бавнæлдта. > Цомай йæ кителы æгънæгимæ архайдта, м’ах ми- дæмæ куы бахызтыстæм, уæд, йæ къух радаргъ кодта Кæлинæмæ. — Цомай Дудайы фырт,— йæ сау æрттиваг хызын йе ’нгом уæрджытыл æрæвæрдта Кæлинæ.— ФÆЛКЦ- йы райкоммæ уе скъоладзаутæ-й хъаст бацыди... раст- дæр зæгъгæйæ та, хъаст бахастой сæхæдæг... — Дæхи уал мын куы бацамонис... — ФÆЛКЦ-йы райкомы секретарь, фыццаг секре- тарь. Дзæнæтайтькчызг, Кæлинæ... — Дæ цæрæнбон бирæ. Ибон дæ æрæджы куы рав- зæрстой, нæ? Гъеныр дæм хъусын. — Сæ хъаст дæумæ дæр бахастой. Цомай мердæм æрбакаст, йæ сæр фыццаг йæ иу уæхскыл акъул кодта, стæй иннæ уæхскыл. — Ам мæм иу-цалдæр æрбауадысты, сæ фыдуæг- т!æй, се ’нæсæттонтæй. Цомай ахъуыды кодта, бахудти. — Иу азым мæм ис: æз уарзын æгъдау. Скъола- 192
дзау дæ — дæ бынат зон, ахуыргæнæг дæ — ды дæр дæ бынат зон, директор дæ — уæддæр дæ бынат зон. Мæн- мæ гæсгæ, царды бирæ фыдбылызтæ цæуы, алчи йæ бынат кæй нæ зоны, уыы фыдæй... — Бригады уæнгтæ курынц, цæмæй сын фæстæмæ хъомылгæнæгæй æвæрд æрцæуа Осиайы-фырт. — Кæли- нæ йæ, хызынæй систа иу гæххæтт, райтынг æй кодта æмæ йæ Цомайы раз æрæвæрдта. Цомай гæххæтмæ æркаст, бахудти, йæ дæндæгтæ разындысты, цыма исты æркъæпп кæнынмæ хъавыди. — Йæ тæккæ халдих ам уыди. Хорз раджы базыд-' той фыссын. Æнтысы сын. Толстойы скъолайы кой ни- куы фехъуыстай? Лев Толстойы? Уый-иу афтæ бафарс- та ахуыргæнинæгты: «Ныр та уæ цы фэевдь»1? Хынци- нæгтæ скæнæм æви хъæдмæ ацæуæм? «Хъæдмæ, хъæд- мæ»,— дзуапп-иу радтой скъоладзаутæ. «Хорз уæдæ,— сразы-иу семæ Лев Никъалайы фырт.— Цомут хъæд- мæ». Ай дæр афтæ,— йæ къух мæм æрбадардта Цо- май.— Скъоладзауты, дам, афтæ фæнды. Ард дæ хæ- дзары бацæуа, боны фæстагмæ, ды чи дæ? Ды дæ ахуыргæнæг. Уыдон та чи сты? Уыдои та сты скъола- дзаутæ. Æмæ уæдæ чи хъуамæ кæмæ хъуса, ды—уы- донмæ, æви уыдон — дæумæ? — Цомай мæсты кæсты- тæ акодта, йæ алывæрсты, стæй йæ дыууæ къухы æм- хъил фæкодта уæлæмæ æмæ йæ сæрмæ галы сыкъа- тау аззадысты.— Мæнæн ахæм бар нæй æмæ æнæхъæн скъолайыдзаг сывæллæтты быдыры астæу æнæхицауæй ныууадзон. Исчи мын куы дæтта ахæм бар, уæддæр æй нæ райсдзынæн, нæ мæ хъæуы! Æрæмбырд стæм æмæ бауынаффæ кодтам. Йæ бынатмæ йын арвыстам, ахуыр- гæнæг цы у, уый дæр чи зоны, скъоладзау цы у, уый дæр чи зоны, быдыр цы у, уый дæр чи æмбары, ахæм ахуыргæнæджы, коммунисты. — Коммунистæй фæлыгъдысты скъоладзаутæ. Бы- дыры дзы нымадæй цалдæр йедтæмæ нал баззад. Ин- нæтæ фæндæгтæ нæмынц быдырæй райкомы æхсæн. 13 Хурвæндаг 193
Бригад ныр æнæхъæн къуыри кусгæ нæ кæны. Уæд уый тыххæй цæуылнæ æрæмбырд вæййут, уый тыххæй цæ- уылнæ рахæссут уынаффæ? — Байраг йæ уæлæ идон кæнын нæ уадзы, саргъ- æвæрын — иннæ ахæм. Фæлæ фидар къухтæм куы ба- хауы, уæд йæ оцани ныууадзы. Тыхсгæ ма кæн. Ра- цæудзысты кусынмæ. Махæй дæр бынтон рох не сты„ баууæнд мыл. Æдде, ахуыргæнджыты кусæнуаты кæйдæр къæх- тыхъæр ссыд æмæ уайтагъд дуар байгом. — Уæ, алейкум салам! — æрбайхъуыст дуаргæро- нæй, районы агитаци æмæ пропагандæйы хайады хи- цау Гæстæны ныхас. Ныр бамбæрстон: æрдæбон ма- шинæйæ уый радзырдта Кæлинæмæ. Цомай йæм йæ къух радаргъ кодта, афтæмæй стъо- лы кæронмæ йæ размæ рауад, гыццыл гуыбыргондæйг уазæджы къух райста æмæ та æрбадзырдта Кæлинæмæ: — Æрмæст дæр уыдоны тыххæй стæм мах ам. Æн- дæр нын ам ницы куыст и. — Цæуылдæр уæм адджын ныхас рауади,— загъта Гæстæн, мæнмæ фездæхт, мæ къух мын райста.— Хорз ма фæзындтæ. Чи куывта, уый — дæуæн. — Нæ та базыдтон, Гæстæн, фæрæдыдтæн та, ази- маг та фæдæн. Гъы, цы хур, цы къæвда?—мæн дзурын не суагъта Цомай. Æниу дзургæ дæр цы кодтаин, цы дзуринаг мæм уыди? Гæстæн диваныл йæхи æруагъта, æгæр арф аир- вæзт — ныххауæгау дзы кодта æмæ гуыбырæй баззад. — Ие, уæ диваныхуылфы тъанг куы нал и. Ай цы хуызæн диван у? Цомай бахудти. — Базæронд и æмæ цы кæна? Зæронд диваныл дæр за^ронд лæгæй уæлдай гуыбын нал вæййы. Йæ гуыбын мидæмæ хауы зæрондæн... — Æмæ базæронд и, уæд уæ æнæ диван ничи уа- дзы! — Гæстæн размæ тынг рагуыбыр кодта æмæ сыс- 194
тади. — Цы фæнд дæм и? Сæхионы сын нæ дæттыс? — Семæ чи и, сæхион уый у. — Мæнмæ гæсгæ та сæхи кæй хонынц, сæхион уый у, æмæ сæ ма мæстæй марут. — Нæ мæ ныууадздзыстут, æвæццæгæн,— тынг арф ныуулæфыди Цомай, йæ сæр æвæрæз лæджы тылд ба- кодта, стъолы лагъзæй гæххæтт систа æмæ йæ æнæ- дзургæйæ Гæстæнмæ бадардта. Гæстæн гæххæтмæ бирæ фæкасти. — Хорз нæ рауади, фæлæ ма цы? Куыд зæгъынц, афтæ бакæнут: равзарут æй, ахуыргæнджытæ куы æрæм- бырд уой, уæд. Ныр та йæ скъоладзаутæ куы нæ зо- ной, уæд, чи зоны, хуыздæр у. — Скъоладзаутæ бæргæ ницы базондзысты. Æз æй ахуыргæнджытæн дæр куы нæ хъавыдтæн хъæр кæнын- мæ. Худинаг æмæ мæлæт! Советон ахуыргæнæг, адæ- мæн цæвиттойнаг чи хъуамæ уа, йæ алы фæзылдæй дæр, йæ алы сныхасæй дæр,—уæлдæф арф ныуулæф- тытæ кодта, йæ тымбыл къух уæлиау систа æмæ йæ стъолмæ æрæппæрста, афтæмæй дзырдта Цомай,— уый бахауди ахæстонмæ! Худинаг æмæ аллайаг нæ фестæм æнæхъæн скъолайæ дæр! — Абон,— йæ дыууæ раст армы кæрæдзийыл æр- батъæпп кодта дыууæ лауызау Гæстæн,— тæккæ абон хъуамæ биноныггонд æрцæуа скъоладзауты бригад. Аслæнбег нын -нæ аирвæздзæн, йæ азым цас уа, уый аккаг æфхæрд æрцæудзæн. Фæлæ тæккæ абон скъола- дзауты хъуыддаг бабæстон кæнут. 14 Хурыскаст быдыры хуызæн рæсугъд никуы у. Дуне ма цъæх фæдары, цыма денджыз фестади, афтæмæй уартæ æппæты кæронæй сзыны хур, сырх-сырхидæй, тугфæскъæуттæй æмæ адæймагмæ афтæ фæкæсы: æвæц- цæгæн æй дысон талынджы цыдæр гуымиры планетæ 195
æрбалхъывта зæхмæ. Куыддæр сзыны, афтæ йæхи æр- уадзы быдыры кæрон, æрæнцайы, аулæфы, йæ цæсгомы сырх дæр^æрбады. Уыйфæстæ фæхицæн вæййы зæх- хæй æмæ йæхи саразы арвмæ. Зæххæй арвмæ æмæ ар- вæй зæхмæ — уый у хуры балц, хуры бонцау, хурвæн- даг. йæ бонæй уа хур!.. Мах зилæм нартхоры хуымыл — æз æмæ бригады советы уæнгтæ. Зилæм, бæрæг кæнæм, кæцы звенойы зæххыл ма цы кусинæгтæ баззад, уый. Советы уæнгтæ пырхæй иуырдæм ацæуынц звенойы хайыл, нннæрдæм ыл раздæхынц, сæ фиппаинæгтæ дзурынц æз æмæ Шо- тикæн. Шотик сæ йæхнмæ афыссы... Æз та кæсын æв- зартæм æмæ сæм кæсынæй не ’фсæдын. Куыд дзæбæх, куыд хæрзæфснайд сты! Лæууынц иумæты, кæм—дыу- уæйæ, кæм та — æртæйæ. Сæ зæнгтæ куыд дæлæмæ сырхбын ахастон; сæ уидæгтæ донцъирæн. лыстæг хæ- тæлтау зæххы ауагътой — пы^ыстæггьуыз цъары тыхт телты хуызæн сæ уидæгтæ. Æмæ фæйлауынц сæ хъал цъæх-цъæхид сыфтæй, æмæ ’фæйлауы быдыр, æмæ фæн- лауы цин... Хорз у квадратгай-дзыгуыргай тауын. Æвзартæ—ды- гæйттæ-æртыгæйттæ. Æртыгæйттæ — кувæндоныхуызæн, гыццыл кувæндоныхуызæн. Раджы-иу нæ фыдæлтæ æртæ бæласы бын скодтой* кувæндон, сæ бынмæ-иу сын æрхастой хæдзарæн æртæ чъирийы, хохаг хъæбæрхоры- ссадæй конд чъиритæ, æртæ хистæрæй-иу æрбадтысты уæле æмæ-иу æртæ сыкъайæ бакуывтой хуыцаумæ. Куырдтой-иу гомсæр æмæ хъуыртыгъдæн, цæмæй сæ æнæниз уадзой хуыцау æмæ йæ зæдтæ. Фæлæ-ну фæ- зынди «дзуар» — фырбуцæн хæцгæ низтыл ахæм ном сæвæрдтой — æмæ-иу хъæу хъæууат фæци, адæм ма-иу æнусты фæстæ дæр пæ рæзты цæуын нæ уæндыдысты. Куывтой-иу æртæ хистæры, æмæ сын иннæтæ «оммен!» кодтой, куывтой, цæмæй сæ тугвæллойæ се ’рагъ æм- бæрзт уа, сæ гуыбын — æфсæст, фæлæ-иу фыццаг дзо- датæм сафтид сты сæ хордон тæсчъытæ, се ссаддон 196
къæртатæ, æмæ-иу уæд сæхи æппæрстой фæйнæрдæм горæттæм, быдыры хъæутæм... Лæппутæ æмæ чызджытæ сбыцæу вæййыцц — кæцы звенойы хай у хуыздæр рывд? Кæй нартхор бæрзонд- дæр у. Æмæ та уæд фæдзурынц Хазбимæ. Уый сæм барджынæй бацæуы, фæйнæрдæм сæм бакæстытæ кæ- ны, цыма сæ искæй цæсгом ныкъкъуырцц кæнынмæ фæхъавы, уыйау, стæй сбары нартхоры бæрзæнд: æв- зары раз слæууы, арæхстгай йын йæ сыфты даргъдæр сраст кæны æмæ йын йæ кæрон йæхимæ æрбахæссы. — Мæ хъæлхъæладжы онг у, кæнæ мæ фындзы онг у,— фæзæгъы Хазби æмæ йæ ныхасыуагæй бамбарын кæны, ома, уæ быцæу ныууадзут, у^æхæдæг нæ фед- тат — хъуыддаг бæрæг у, лыг у. Хазбийæ барæн кæй скодтой, уый мæм худæг кæсы. Бахудын, фæлæ... Мæ зæрдæ ме ’муд нæма æрцыдн,— цыдæр æнæмбæрст æмæ дзы тæссагæй баззадысты уы- цы цыппар боны. Лæг æнæрхъуыдыйæ зæйуатыл куыд бауайа, куыд дзы ахиза, фæлæ ма дзы уæддæр куыд тæрса æмæ йæм фæстæмæ фæкæс-фæкæс куыд кæна, уыйхуызæн уыди мæ уавæр. Куыд ма ссыгъдæг кæнон мæ цæсгом? Цомайтæ, Поратæ æмæ иннæты ’хсæн куы уаин, уæд ма, гъо, уыдонæн сæхимæ дæр бирæ сусæг хъуыддæгтæ ис, бирæ æнæсхъæр хабæрттæ ^батади сæ царды. Фæлæ скъоладзаутæ... — Мæнæ знон кæй ныффыстай, уый-иу бакæс. Уый дын хорз рауад,— дзуры Борик Хазбийæн.— Сæ дыу- уæ дæр æргуыбыр кодтой, æвзарты дæллагхъуырты цы кæрдæджыты хæлттæ ис, уыдон тонынц. Æз лæууын чысыл æддæдæр, уддзæф мердæм улæфы æмæ мæм сæ ныхас уыцы дзæбæх скъæфы. Хорз сæ кæнын уынгæ дæр. Борик йæ цæстытæ, куыд фæкæны, афтæ хин ны- къуылдтытæ æркодта.— Уый дын хорз рауади, Аби, дзæбæх. Йæ рифмæтæ дæр дын хорз сты. Йæ хъуыды дæр... — Омæ хорз. Бакæсдзынæн æй. Фæлæ, хъус-ма, Бо- 197
рик, уæд та дзы Аслæнбеджы кой кæм и, уыцы рæн- хъытæ ахахх кæнин? Цæйнæфæлтау æм дзы исты фæ- хъыг кæса... - — Цытæ дзурыс? Фендзынæ, кæддæра куыд худид! Исты Пора у?! Шотик мæнмæ æрбацæйцыд, стæй фæзылди лæппу- тæм. — Гъей, уым, тæрхъус йæ фæстаг къæхтыл куы сбада, уый бадт цы скодтат? Нæ нæ ’вдæлы, уый уæ ферох? Æцæг бирæ фенæвдæлондæр стæм фæстаг рæстæ- джы. Нæ сихоры улæфт æрбалхъывтам дыууæрдыгæй дæр — райсомæй æрæгмæдæр æрбаздæхæм быдырæй, фæссихор та раздæр ацæуæм. Зæхкусæджы цард афтæ арæзт у: фæззæджырдæм æнæвдæлонæй-æнæвдæлондæр кæны... Абон нæм æмдзæвгæтæ хуыздæр бакæсынæй ерыс и. Знон горæтмæ бауадтæн Керымы машинæйыл. Чингуы- тæ балхæдтон. Уæдæ чи рамбула, уымæн цы ратдзы- стæм? Мæ дзыппы цалдæр сомы уыд. — Шотик, ныр сымах хъæдуртонджытæм ацæут, æз та картофкъахджытæм. Дыууадæс сахатыл куыд баны- хас кодтам, афтæ—станмæ. Лæппутæ куыддæр фæаууон сты, афтæ хуымы кæ- рон цы æнæконд нарæг уадздзаг уыд, уым мæхи уæл- гоммæ аппæрстон æмæ арвмæ æдзынæгæй бирæ фæкас- тæн. Хатт-иу афтæ фæзынд, цыма арвы æнæкæрон цъæх йæхимидæг схъызыди денджызау, кæрæдзийы сæрты тæхынц здухгæ-абухгæ уылæнтæ, арвы быдыр сын скъуындæг и, ныртæккæ исчердæм акæлдзысты æмæ арв мæнгæй аззайдзæн... Фæлæ-иу уайтагъд æрса- быр а’рв, æмæ та-иу уæд ауыдтон: Стефæ фæцæуы сын- дæггай — ныронг æй афтæ сындæггай цæугæ никуы федтон — фæцæуы, йæ рахиз къухæй хæцы гыццыл чызджы къухыл, йæхи хуызæн, йæхи халдих чызджы къухыл. Иæ сæр æм æркъул кæны, цыдæртæ йæм сдзу- 198
ры, сывæллон æм хæрдмæ скæсы, бахуды, бахуды Сте- фæ дæр æмæ дыууæйæ фæцæуынц худгæ æрвон цъæх- цъæхид фæндагыл..: Кæсын сæ фæстæ, сæ цæсгæмттæ сын, æрмæст кæ- рæдзимæ куы бакæсынц, уæд ауынын. Фæлæ зонын: худгæ фæцæуынц Стефæ æмæ уыцы гыццыл чызг. Знон чингуыты дуканийæ куы рацыдтæн, уæд дуары рахизæны фæлæууыдтæн. Цы чингуытæ балхæдтон, уы- донæй иу цыдæр æнæзонгæ уыд, никуы йын йæхи кой фехъуыстон, никуы — йæ фыссæджы. Цæй тыххæй уа, рафæлдæхтон æй, æркастæн æм. Адæм дыууæрдæм цы- дысты дуканийы рæзты, мæ рæзты. Уалынмæ бамбæрс- тон: чидæр мæ фарсмæ лæууы — уынгæ йæ нæ фæкод- тон, æнæуи йæ афтæ бафиппайдтон ме ’ппæт буарæй, ме ’ппæт скондæй. «Чиныгмæ ,кæсы, . æвæццæгæн»,— загътон мæхинымæр, афтæ рауайы, чиныг базонын кæй нæ фæнды? — Ныртæккæ ацæудзыстæм, Алинæ,— хъуысы мæм хæстæгæй, тынг хæстæгæй, æгæр хæстæгæй, цыма ны- хасгæнæг ам æдде нæй, фæлæ мидæгæй мæ зæрдæйы- бын кæмдæр и. Чиныг бахгæдтон æмæ ницуал ауыдтон. Мæ разы лæууыди Стефæ, йæ цæстытæ уыдысты кæронмæ гом, хæдзары дуар кæронмæ куыд байгом кæнай, афтæ гом. Цæмæн мæм ахæм цæстытæй касти, æви мæнмæ нæ касти, æви мæнмæ дæр касти æмæ йæхимæ дæр? Æз джихæй баззадтæн. Уый йæ ц&стæнгас нæ аив- та, афтæмæй йæ сæр зына-нæзыны фæйнæрдæм ба- рызт. — Куыд кæсын, афтæмæй быдираг нал дæ? — Стефæ!.. Уый æнæдзургæйæ чиныгмæ æрбавнæлдта, исгæ йæ нæ акодта, афтæмæй йын’ йæ цъары фыстытæ акаст.— Быдыры нал вæййыс? Цæмæннæуал дзы вæййыс, Аслæн- бег Астемыры фырт? — Вæййын дзы... 199
— Æцæг?!..— фæхурдзаст и йæ цæсгом.—Æз афтæ æнхъæлдтон... 4 — Мæнæ чингуытæ балхæдтон. Райсом нæм ерыс и æмдзæвгæтæ кæсынæй, хуыздæр чи бакæса... Ныртæк- кæ фæстæмæ цæуын... — Æз та афтæ æнхъæлдтон, быдыры нал вæййыс,— цыма афтæ кæй æнхъæлдта, уый мын хъаст кодта, ахæм хъæлæсыуагæй загъта æмæ та мæм йæ цæстæн- гас фæдардта.— Хорз у уæ быдыр? Кусын куы райдай- он, уæд уæм æдзæугæ нæй, иу-дыууæ боны дæр, иу-æр- тæ боны дæр. Цомай Дудайы фыртæн зæгъдзынæн. Ауадздзæни мæ... Афæндараст дæ кæниккам, фæлæ мах не ’вдæлы. Æз æмæ Алинæ хъуыддаджы фæдыл цæ- уæм. Æццæй нæ, Алинæ? — Стефæ зæххæй иу. гыццыл чызг фелвæста. Стыр диссаг, куыд нæ йæ федтон, куыд нæ йæм фæкастæн! Сывæллон сæрыхъуынæй, уадулæй Стефæйæн йæхицæй зæхмæ мур дæр нæ уагъта. Иæ хъæбысы йæ æрбакодта, арæхстгай, ’цыма авгæй уыди æмæ йын куы базгъæлæытæ уа, уымæй йын тарсти. Иу- цалдæр къахдзæфы акодта, фæстæмæ фездæхт, йæ сæ- рыл уæлæмæ схæцыд, афтæмæй цъусдуг æдзæмæй аз- зад, къамисæджы раз куыд æдзæмæй аззапынц, афтæ, стæй сывæллоны зæхмæ æруагъта æмæ мæм æрба- дзырдта:— Фæндараст. Мах не ’вдæлы, мах хъуыдда- джы фæдыл цæуæм Алинæимæ... Æмæ фæцæуынц æрвон цъæх фæндагыл. Фæцæуынц, фæцæуынц, стæй сæ тæккæ бынат февзæрди Луарсаб. Æз фесхъиудтон æмæ бадгæйæ аззадтæн. — Хынджылæг ма кæн, стæй хынджылæг кæн! Уæ- дæ кæд удæгас дæ, уæд æвиппайды кæдæм хаудтæ! Да- лæ йæм кæцæй фæцыдтæн — гæны кæронæй? — Луар- саб й.æ тæккæ размæ каст, афтæмаей дзырдта, лæг йе ’мбалæн куыд фæдзуры, афтæ.—Уæдæ дын кæсын, æмæ ды(н фæуæлгоммæ. Уæд та ма йæ къах куы батылдтаид, фæлæ йæ къах дæр нал батылдта. Æмæ куыд æнхъæл дæ,—мер’дæм фездæхт Луарсаб.—Ныртæккæ зæрдæ- 200
ннз тынг зрæх у. Кæй кæм рацахсдзæн, уый ничи зоиы. Мæ цуры зæххыл æрбадт. Ныггуыбыр и куыддæр. Йæ уæраджы къоппатæ суанг йæ роцъомæ æххæссынц, кæд "дзыхъмæ æрхаста йе ’рбадæнтæ. Мæнæ йæ цы- рыхъхъытæ, афтæ хæстæгмæ йын сæ никуы федтон. Цыдæр хæбуздзыхъхъ сты. Æвæццæгæн, сæ сæрак хуы- дзармæй у. Удыфидар сыл ис, цыдæриддæр у, уæддæр. Скастæн ын~ йæ цæсгоммæ. Куыд вæййы, афтæ — æнæ- даст. Бынтон æнæдаст дæр нæ. Дыууйе-æртæ боны раз- мæ чи адасы, уый хуызæн. Бады, кæсы быдырмæ, йæ сæр иуварс къул," йæ цæстытæ тарст дзагъыр, йе ’рфгуытæ— хъуынтъыз: цыма чысыл раздæр дæлæ уы- цы ран быдыр нæ, ’ фæлæ хох^уыди, æмæ ’ныр цыдæр арбаци æмæ йæм диссаг кæсы: цы æрбауыдаид? — Хъæдур тонынмæ дзы цал арвыстай? — фæрсы Луарсаб, йæхæдæг кæсы быдырмæ, куыд касти, афтæ. — Дæс æмæ ссæдз. — Гъе, гъе, уæдæ хорз. Ныр джитъри тонын дæр тагъд райдайдзыстæм æмæ цырд фæлæуу. Уадз сæхи- цæн фæйнæ хæлаф æмæ хæдонваджы уæддæр баку- сой.— Луарсаб куыд бадт, афтæ раст сцæйстад—нæй, не сфæрæзта, иуварс йæ уæз æруагъта йæ къухтыл, слæууыд. — Гъеныр мæ уымæл зæххыл фæбадын код- тай. Ам бадынæн куы бæззид, уæд æп æз дæуæй æв- зæрдæр зонин? — Иу-цалдæр къахдзæфы акодта, цæх- гæр фæлæууыд, йе уæхсчы сæрты мæм ракаст.—Ма- уал хуысс, æнæхæдзар фæуай, зæхх хуылыдз у, нырма дыууæ æхсæвы йедтæмæ нæма рацыд, æмæ дон бæстæ ласта! Луарсаб ацыд. Æз дæр сыстадтæн æмæ араст дæн картоф кæм къахтой, уырдæм. Æцæг хорз къæвда æрцыди, фæлæ дыууæ æхсæвы рвзмæ нæ уыди — Луарсаб мæн тæрсын кодта, — иу къуыри йыл цæуы ныр. Раст æз цы ’хсæв æрыздæх тæн быдырмæ, уыцы æхсæв. Гæстæн æмæ ма Кæлинæ 201
дæр ам куы баззадысты. Гæстæн — цæсгомæй — къæс- хуыр, уæнгтæй — æххæст, сау бæзджын сæрыхил ын, æмæ ныхы сæрмæ, кæрдинаг мæнæуы хуымы, халоны- хъæдур кæй хонынц, уый къутæр куыд хицæн кæна, афтæ хицæн кæны урс-урсид хъуынты бындзыг, къæс- хуыртæ цæсгомыл — раст фындз, йæ быны — рихитæ, уыдон дæр — раст. Мах — Гæстæн, æз æмæ Кæлинæ — быдырмæ æрхæццæ стæм. Чысыл фæстæдæр нæ Цомай дæр æрæййæфта скъолайы машинæйыл. Пора станы нæ разынд. Цомай Джихаты Манахмæ бараст, тæразы- хицаумæ. — Ам нæ иу куы уыди, цы фæци? — Порайæ зæгъыс? Æмæ куы ацыди. — Кæдæм? — Хъæумæ, æндæр кæдæм хъуамæ ацыдаид? — Æмæ цæмæн ацыди? — Цы йын зонын. Уæдæ ам дæр цы ми хъуамæ кодтаид, æртæ боны ам фæци æмæ йæ тæфтыл куы нæ ацыдысты скъоладзаутæ. Цомай нæм фæстæмæ раздæхт. Нæ цуры æнæдзур- гæйæ иучысыл алæууыд. — Бригады куысты цы хъуагдзинæдтæ ис, уыдон мах аиуварс кæндзыстæм, уый уын æз фидарæй зæ- гъын. Фендзыстут, кæддæра районы нæ, фæлæ респуб- ликæйы дæр фыццæгтимæ нæ уаиккам. Афтæ нæу, мæ хæстон хъомылгæнæг? — мердæм разылд Цомай. Иæ къух мæм æрбадардта, стæй иннæты къухтæ дæр райс- та.— Сымах нæма цæут, æнхъæлдæн. Æз дæр нæ атагъд кæнин, фæлæ мæ райсом министрмæ цæуын хъæуы. Куыддæр скъолайы машинæ, станы бын цы лæнк уыд, уым фæаууон, афтæ къæвда ныккалдта> Мах, Вн- солтаны хуыссæн кæм уыд, уыцы ранмæ балыгъдыстæм. Бадтыстæм æнæдзургæ. Изæрдалынгты, къæвда йæ тæккæ кальшыл уыд, афтæ нæм Клавæ базгъордта уæ- лæфтауы, бæгъæмзæнг. 202
— О, сау бонтæ! — йæ уæлæфтау иуварс аппæрста æмæ нын нæ разы æрæвæрдта æхсæвæр: картофтæ, ну- рыдзæхтон; дзул æмæ иу къаннæггомау цыхты цыппæ- рæмхай тæнæг карстæй — æвæццæгæн, чызджытæй хъæ- уы исчи уыд. Хæринæгтæ нын нæ разы æвæрдта æмæ дзырдта: — Ныр къæвда нал æнцайы, уый тыххæй æх- сæвæр ничиуал хæры! Иууыл та сылгоймæгты фæзмы, йæ мады карæн чи у, уыцы сылгоймæгты, æндæр ын мацы ратт. Клавæ йæ уæлæфтау йæ уæлæ баппæрста æмæ аз- гъордта. Тæбæгътæ куы сафтид сты, уæд сæ Кæлинæ кæрæдзийы мидæг æрæвæрдта. Не ’ртæ дæр рæгъ-рæгъы хуыссæныл’сбадтыстæм, æмæ уæд Гæстæн загъта: — Уæдæ ахæстон дæ зæрдæмæ нæ фæцыди? — Цæуылнæ. — Фæнды ма йæ, хъавы та, — бахудти Кæлинæ дæр. — Куыд уыди, куы? Дуне къæвдайы бын фæци. Быдырон уынæртæ ба- мыр сты, хъуысти ма къæвдайы тыхджын сæх-сæх. Бæ- стæ фæрухс-фæталынг кодта. Æз дзырдтон мæ хабæрттæ. Скъолайæ куыд ацыд- тæн, Гигуцатæм куыд бахаудтæн, горæты уынгты куыд разил-базил кодтон, гъе, æцæг кæй агуырдтон, уый сæ бамбæхстон. Загътон сын: ме ’мбалы агуырдтон, кæм цардысты, уый дæр зыдтон,— фæлæ сын ног фатер рад- той, кæм, уын мын бæстон амонæг нæ фæци. Уазæгуат- мæ куыд бацыдтæн. Милицæ. Æ’мбисæхсæвмæ ’ввахс фæдæн мæ ныхас, къæвда ма уæддæр калдта æмæ калдта... Картофдонмæ куыддæр бахæццæ дæн, афтæ машинæ дæр кæрийы цурмæ базылди. Æз мæ къандзол ралас- тон, картофыхъæдтæм æй баппæрстон. Машинæйы гуыффæмæ схызтæн. Скъоладзаутæ мæм дæттын бай- дыдтой йедзаг къалатитæ æмæ бедратæ. 203
15 Шотик лæууыд фынджы нывæрзæн æмæ дзырд- та: — Цæмæй, ерысы чи рамбылдта, уыдон сбæлвырд кæнæм, уый тыххæй нæ равзарын хъæуы къамис, мæнæ жюри кæй фæхонынц, уый. Кæмæ уæ цы фæндон ис— цал адæймаджы равзарæм, æртæ æви фондз? — Сæ хæрзтæй куы уой, уæд æртæ фаг у! " — Сæ уæйгуытæй æртæ хорз у! — Лыстæг сырдтæй равзарæм ацы хатт! Шотик йе ’рфгуытæ хъуынтъыз кæныныл архайы, мæстыхуыз куыд равдиса, кæннод та лæппутæ хъыгдар- дзысты. Фæлæ нæ комынц хъуынтъыз кæнын æрфгуытæ. Æрæджиау сæ кæрæдзийы ныхмæ сарæзта æмæ йын, цæвын чи нæма зоны, ахæм уæрыччыты хуызæн зынды- сты. Иæ цæсгом — цыппæрдигъонгонд, худындзаст. — Банцайут-ма! Борик, ма та райдай! Эдик, уым ма сæ басабыр кæн! — Æртæ хорз у! — дзуры Борик, сыстад.— Æртæ уымæн хорз у, æмæ раджы кæддæр зæхх дæр æртæ пылыл-лæууыд. Афтæ нæу? Æмæ мах дæр равзарæм æртæ пылы. Фыццаг пыл. — Минтæ... Скъоладзаутæ бахудтысты. — Фæлæуут-ма, цы пыррыччытæ кæнут,— фездæхти, чи бахудт, уыдонырдæм Борик, фæлæ йæ, мæнмæ гæсгæ, ноджы тынгдæр куы худтаиккой, уый фæндыд.— Дык- каг пыл нын уыдзæн мæнæ Брусик, уæдæ ма пыльы сы- къатæ вæййы? Æмæ æртыккаг пыл — Зæлиго. Гъеныр, уæ цас фæнды, уыйас худут.—Борик сбадт, йæ къан- нæггомау цæстытæ фæдзагъыр сты, фæйнæрдæм сæ &ра- дав-бадав кодта. Зæлигойы куы ауыдта, уæд бахудти.— Уæддæр мын.дзы амæй пылдæр ^нæй, иннæтæ дæр куыд не ’сты пылтæ, фæлæ.... Зæлиго йыл йæхи акъуырдта. — Алæ дæхи, стæй пылтæ кæн! 204
Зæлиго нæ куымдта, уæддæр æй ракодтой, æртæйæ дæр фынджы ныхмæ æрбадтысты асыччытыл. Шотик загъта: — Цалынмæ æмдзæвгæтæ дзурын нæ райдыдтам, уæдмæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды... Аслæнбеджы. — Адæмон хæдзарады ’нтыстыты равдыстмæ нын фæскомцæдисы’ райком рахиц’æн кодта... — Афонмæ Зитæ Даргъ-Къохмæ ныххæццæ,— æрба- дзырдта нæ бынатæй чидæр. Кæд та Борик нæ уыди. — Кæй Зитæ?! — Минасты Зитæ. — Цæмæн? — Петр Петры фырт ын загъта. — Мæскуымæ ацæудзæн, абон ацы æмбырды кæй равзарат, ’уый,— тыххæй фæдæн дзырд мæ хъуыдыйад:- мæ маст -та-иу мын мæ хъæлæс фæцæйæхгæдта. Уæдæ куыд рахицæн кодта Зитæйы, йе ’фсымæры усы хойы! Диссаг нæу, кæдæм баирвæзай, уым афтæ æдзæсгомæй архай. Æппын æфсæрмы макæмæй кæн! Цымæ, дæ алы- варс адæм нæй. — Куы ’рцыди уыцы изæр уæд уæртæ Джихаты Ма- нахимæ бирæ фæбадти,— йæ бынатæй фестади Минтæ,— фæсахсæвæр æрцыди, фыццаг лæппуты хатæнмæ ба- цыд — уым ничи, стæй махмæ æрбахызт. Дуаргæрон æрлæууыд. — Уæдæ ма исчи бафæлварæд æмæ тæккæ райсом кусынмæ ма рацæуæд, кæддæра йын йæ цæстытæ йæ къæбутырдыгæй нæ фелвасин! Ам уын Аслæнбег Асте- мыры фырт нæй! Уæдæ цы къулбадæг митæ кæнут кæд фанатиктæ не стут, уæд? Фанатиктæ, дам, кæд не сты, уæд, цыма фанатик къулбадæг митæ фæкæны. Стæй хатæны астæумæ ’рбацыд. Æмæ дзуры Зитæмæ:—Зитæ, дæу Мæскуымæ æрвитынц равдыстмæ райсом хъæумæ ацу æмæ дæхи бацæттæ кæн. — Чи йæ æрвиты? — афарстон æй æз. Диссаг мæм фæкаст. Уæдæ Зитæйæ хуыздæр ничи кусы нæ бригады?! 205
— Чи йæ æрвиты чи, колхоз. Æндæр æй чи æрвиты? Мах ныртæккæ стæм иууылдæр колхозонтæ, уый бам- бæрстат æви нæ? — Хорз. Кæй æвзарæм? Иууылдæр ныссабыр сты. Кæрæдзимæ нæ кæсынц. Æз æмбарын, цæмæн афтæ кæнынц, уый: искæмæ ба- кæсдзынæ, æмæ афтæ фенхъæлдзæн, йæхи мын æвза- рын кæны. Уымæй тæрсынц. Æмæ бадынц æнæдзур- гæйæ, æнæзмæлгæйæ. Фынг бандзыг и се ’хсæн. Уыцы хъæлдзæг, уыцы æмызмæлд фынг ныры хуызæн сабыр никуы уыди нырма. Цымæ сæ кæй тынгдæр фæнды? Æмæ сæ фæндгæ та кæй нæ кæны æниу? Кæй нæ фæнды Мæскуымæ ацæуын? — Мæнмæ иу фæндон ис.—Хазби йе уæхсчытæй фæйнæрдæм ахæцыд йе ’мбæлттыл — æгæр æй æлхъыв- той, æвæццæгæн, æмæ йын сыстæн нæ уыди.— Мæнмæ ахæм фæндон ис, æмæ мæнæ Эльбрус йæ гæххæттытæ фенæд, æмæ дзы фылдæр куыстыбонтæ кæмæн и, уын арвитæм — Афтæ гæнæн и, кæй зæгъын æй хъæуы.— Фыц- цаг мæм хорз фæкаст Хазбийы фæндон, стæй дзы цы- дæр цъаргонд ауыдтон.— Фæлæ ныр гæххæттытæ къа- хæм? Æнæуи нæ зонæм, чи цы кусы, чи цы у, уый? Уæд ма æмбырдмæ та цæмæн хастам фарст, æнæуи æр- кастаиккам гæххæттытæм — Мæхæдæг та куы ницы, уæд нæй,— дзуры Борик, йæ къух сдардта, сыстади.—Аби, ды дæр хорз лæг дæ, фæлæ дын гæххæтт йедтæмæ мацы ратт. Æз ахæм фæн- дон хæссын, æмæ Шотичы арвитæм. Иууылдæр сæ цæстæнгас мæнмæ сарæзтой: куыд у Бориччы фæндон, мæ зæрдæмæ фæцыди æви нæ? Уæд- дæр сæ сыбыртт ничи скодта. — Кæсыс сæм, куыд ныссабыр сты, уый нысан кæ- ны: сс ’ппæты дæр фæнды. — Уæдæ-ма сæ бафæрс. — Фæнды уæ, уæд уæ къухтæ сдарут. 203
Æмæ фынджы сæр къухтæ рæгъæй аззадысты, дыу- уæ рæгъæй алыхуызон къухтæ: стырдæртæ æмæ къад- дæртæ, урсдæртæ æмæ саудæртæ. Шотик сыстади. Иæ ных асæрфта, æрбакасти мæм. — Мæн цæмæн æвзарут? Мæнæ иннæтæй искæй рав- зарут? Фæлæ æз уыцы ныхæстыл нæ уыдтæн. Мæнæн кæм- дæр мæ риуы фæзынди иу æнкъарæн æмæ, мæнæ чысыл хæххон хъæумæ бæхджын фæдисон куыд æрбахæццæ уа, æмæ хъæубæстæ зæрондæй-ногæй, лæгæй-усæй, уый размæ куыд ныххæррæтт кæной, афтæ мæ хъуыдытæ иууылдæр йæ размæ ракалдысты. Стæй хъæубæстæ фæ- дисы цæуынмæ се ’ппæт куыд нæ рарæвдз кæнынц сæ- хи, афтæ мæ хъуыдытæ дæр дыууæ дихы фесты. Иуæй мæ фæндыди: радзурон, иннæмæй ма гуырысхо кодтон. Куы нæ мæ бамбарой... Уæддæр радзырдтон. Радзырдтон сын уыцы цыппар боны цы федтон æмæ цы бавзæрстон, уыдон, иуæхсæв сæ Кæлинæ æмæ Гæс- тæнæн к’уыд радзырдтон, афтæ. Ам дæр та Стефæйы кой не скодтон, йæ бæсты та загътон «ме ’мбал». Дзырд куы фæдæн, уæд мæ ных æмæ мæ цæстыбын- тæ асæрфтон, акастæн скъоладзаутæм. Бадынц æнæз- мæлгæ, сæ цæстытæ стъолмæ ныццавтой. — Ацы æмбæлттæ.... цы сты лæгæн фыдбылызы йедтæмæ?..— загъта æрæджиау Клавæ бустæгæнæгау. Чидæртæ йæм сæ цæсгæмттæ аздæхтой. — Æмæ ныр алчи йе ’мбалы цы фæкæна, хæргæ йæ акæна? — загъта Борик, æмæ та ныссабыр сты. Æрæджиау райдыдтой æмдзæвгæтæ кæсын. Уыдон кастысты. Æз та хъуыстон æмæ, уыдтон: кæмдæр æцæ- гæлон зæххыл уазал æнæарт хæдзары бады хаст поэт, йæ цъæх цухъхъа йе уæнтыл уæгъдæппæрст, йæ иу къух йæ сæрмæ сбыцæу кодта, йс ’ннæ къухæй фыссы. Къух фыссы æмæ фыссы, хатт фæлæууы, андзыг вæййы гæх- хæттыл, уæд фæхъоппæг вæййынц лæджы цæстытæ, ныггуыпп сæ кæны арт, æмæ та базмæлы къух... Быдираг 207
уырыссаг хъæу, хъæугæрон ныллæг хæдзар, йæ рудзгуы- ты дуæрттæ цъæхахуырст. Хæдзарæй чысыл æддæдæр дзыгуырæй лæууынц бæрзытæ, даргъ, рæхснæг бæрзытæ стыр сойын цырæгъты хуызæттæ... Сæ бынты рацæуы ацæргæ сылгоймаг. Сылгоймаджы уæлæ, зæронд зама- ны кæй дардтой, ахæм къаба. Фæцæуы стыр фæндаджы былмæ, уым та слæудзæн æмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, кæд стыр, змæст горæтæй æрыздæхид йе скаст, йе ’нхъæл- цау — йæ цъæхцæст хъæбул. Ох, цы фыдфынты хай фæци уый мысгæйæ!.. Стæй федтон дæрæнвæллад бы- дыр, туджы цæдтыл ныххуыссыдысты салдæттæ æмæ æдзæмæй баззадысты. Удæгасæй ницуал ис ам, æрмæст ма кæмдæр быдыры кæронмæ хæстæг иу сыгъд бæла- сæй фæдисы хъæр кæны тарст сынт... Стæй та мæ цæс- тытыл ауади ирон хъæу. Изæрдалынгты доныбыл дыу- уæйæ агурынц сæрвасæн. Нæй, нæ йæ арынц — кæд æй дон ласгæ акодта? Фæлæ сæ тынг фæнды, куы йæ сса- риккой, уый æмæ та ногæй ныггуыбыр кæнынц, ног та нывналы донмæ фæрв дæр йæ саджил цонгæй, цым.а уый дæр сæфт сæрвасæн агурынмæ хъавы... Гæрах, æмæ æр- хауди митмæ лæг, мит фæхъæбæр. Фæстаг хатт, æппæ- ты фæстаг хатт ма пæ цæстытыл уайы, цæргæйæ дæр æмæ .мæлгæйæ дæр ферохгæнæн кæм^æн нæн, уый,— йæ дзыккутæ æруагъта, уæды рæстæджы-иу марды раз куыд кодтой, афтæ, сабыр кæсынц йæ сабыр, мыдхуыз цæсты- тæ... Нал фервБездзæн лæг — йæхæдæг æй зоны, уымæн æмæ йæм паддзах Никъала ныхъхъавыди, кæйдæр къу- хы цы ифтыгъд дамбаца уыди, уымæй. Нæ, кæйдæр дамбацаджын къух æм ныццарæзта, цæрæнбонты æл- гъыст чи фæуыдзæн, уыцы къух... Стæй та ауыдтон Хаз- бийы къух, йе ’мбæлттæ ’æргомæй Аби кæй хонынц, фæ- саууонмæ та — бæдул, уый къух. Лæппу лæууыди, йæ къух мердæм дардта, сцæйстади, Борикмæ бакасти. — Ды иууылдæр сайгæ кæныс. Лæджы асайыс, стæй дæхицæн фæхудыс. — Асайыс, дам. Кæд дæ асайдтон?! 208
— Æццæй бакæсон æй, Аслæнбег,— йæ къухы цы гæххæтт1 уыд, уый мæм батылдта. — Уæдæ!.. — Æмдзæвгæ: Райсом хур куы скæсы, уæд Сыст, æддæмæ разын. Æз мæ даргъ къæпийы хъæд Судзгæ уарзтæй уарзын, Рувынц лæппутæ дзæбæх, Хæмпæлгæрдæг дасынц, Ратæр ауылты дæ бæх, Уркæтæ дæ ахсынц. Рувæм быдыры нартхор, Зæрдæцинæй судзы. Кæд дæуæн нæма и ’рдхорд, Сæхгæн уæд дæ рудзынг. Мах дзидзайы бас хæрæм... — А-гъа-гъа, Сопо фæтæхы! — Хазбийæн йæ гæх- хæтт йæ къухы аззад, афтæмæй æрбазгъордта стъолы фæрсты. Иннæтæ дæр фæгæппытæ кодтой сæ бынæттæй. — Сопо скуыста. — Угъа-алы-ыхъ! — Сопо, Сопо!.. Уайтагъд лæппуйæ-чызгæй ныххал сты тракторы фæ- дыл. Уый тæразырдыгæй уырдыджы ныууади æмæ уар- тæ халсарты хуымы фæцæуы фæзил-фæрастгæнгæ. Раз- мæ-иу раст фæцæйцыд, стæй-иу йæ цæлхытæй сыджы- ты хъæбæр къуыбарыл исчи йæхи скъуырдта, æмæ та- иу æндæрырдæм фæраст и. Бæстæ хъæрахст сси: чи йæ фæсте сырдта, чи-иу йæ разæй фæци, чи-иу ыл сыджыты къуыбар ныццавта. Трактор дардæй-дарддæр кодта, чызджытæ фæсте за- йын байдыдтой. Лæппутæ хъазуаты бацыдысты. Эльб- рус згъордта йæ фæрсты, иннæ фæрсты йæм тынг æрба- 14 Хурвæндаг 209
хæстæг и Угъал йæхæдæг. Иæ фæстæ—мах: æз Шотик, Эдик, Гасбар, ноджыдæр чидæртæ. Иухатт æм Угъа- лыхъ тынг бахæстæг. Гуыффæйы фарсы фæйнæг ацахс- та, стæй йæхи фехста æ^иæ фæуæле. Уыцы рæстæджы трактор фæзылд. Эльбрус йæ разы фæци, æмæ йыл трактор алæгæрста. Чызджыты цъæхахст æмæ лæппу- ты хъæр баиу сты, стæй быдыр фегуыппæг. Цæстытæ уынгæ нал кодтой, хъустæ—хъусгæ, улæфæнты улæфт нал хызти мидæмæ... 16 Керым бады, хæринæгты къæбицы къулæмбуар цы нарæг фæхс бандон ис, ууыл. Йæ худ—йæ фарсмæ. Цы- дæр фæлладхуыз у йæ худ дæр. Иæхæдæг тынг фæл- лад у, ныры хуызæн фæлладæй йæ никуы федтон. Йæ цæстытæ туджы зилынц. Хатт сæ æрцъынд кæны, афтæ- мæй гыццыл абады, стæй та байгом вæййынц цæстытæ æмæ та йæ къæхтæм æркæсы. Æрдæбон ма йæ цырыхъ- хъытæ тыххæй раласта — цас сыл фæтухæн кодта, стæй зæххæй каумих куыд сласай, афтæ сласта йæ- къæхтæ цырыхъхъытæй, срæсыдысты йæ къæхтæ. Ныр бады æмæ æнхъæлмæ кæсы найгæнæн машинæ- тæм. Хъæдур æппындæр нæ лæууы тындæй, райсомæ^й изæрмæ алæууæд кæрæдзийыл амадæй, æндæр йæ фæз- дæг скæлы, уайтагъд абур вæййынц гагатæ, æмæ дын консервгæнæн заводмæ ахæм хъæдур исынц? Тыхсы Керым, фæлæ æз та тыхсын дæр нал зонын. Знонæй нырмæ та сæмтъеры ис мæ цард, æхсæв æмæ та мын боны бæрæггæнæнтæ схæццæ сты, цард цы фæхонынц адæм, уымæй ма мæнæн баззад æрмæст хъизæмар. Хорз уыди, æмæ Керым ам фæци знон, æндæр цы ми кодтаиккам? Керым, дам, рагæй бадти, мæнæ ныр кæм бады, уым. Æмдзæвгæтæ, дам, дзурын куы байдыдтой, уæдæй. Дысон мын æй лæппутæ дзырдтой. Æвæццæ- гæн; ома сæ ма бахъыгдарон, афтæмæй сæм байхъу- сон — æддиау æрбадти. Угъал та, дам, ноджы раздæр 210
аэрбацыд, Сопойы, дам, тæразы, цур уырдыджы баурæд- та йæхæдæг, Джихаты Манахæн тæразы фарсмæ цы къуым и, уырдæм бацыд... Куыддæр Эльбрусмæ фев- нæлдтон, афтæ мæ уæлхъус февзæрд Керым. Йæ туджы цавд ын æрысгæрста. Йæ уæрджытыл æрлæууыди лæп- пуйы раз æмæ йын йæ цæнгтæ фæкъæдз-фæраст кæнын бандыдта йæ рæмбынкъæдзтыл. — Афтæ. Æз — ныртæккæ.— Æрмæст уыцы æртæ дзырды загъта, машинæйы абадт æмæ ниугæ, схъиудты- тæгæнгæ атахти горæты фæндаджырдæм. Чысыл фæс- тæдæр чызджытæй фæхицæн и Клавæ, фыццаг тарст ракæс-бакæс акодта, стæй станырдæм ныййарц и. Чыз- джытæй ма чидæптæ йæ фæдыл азгъордта. Клавæ фæ- к&лд æмæ куыд ахауд, афтæ хуысгæйæ баззад. Æз уынгæ кодтон, фæлæ цы уыдон, уый мидæмæ нæ истон, нæ мæм хъардта, нæ мæм хызт. Æвæццæгæн, хъуыддаг æнæнхъæлгæ — æвиппайды кæй æрцыд, уы- мæй зæрдæйы æмбудæнтæ адымстысты, ахгæдтой. Дугъ кодтон Клавæйы цурмæ, фæстæмæ Эльбрусмæ, лæппу- тæй кæмæндæр цыдæр дзырдтон, чызджытæн цыдæр амыдтон... Керым уайтагъд фездæхт, йемæ — дохтыр. Уыдонæй чысыл фæстæдæр æрхæццæ тагъд æххуысы машинæ дæр. Мах Керымим<æ йемæ ацыдыстæм. Изæр- милты скъоладзаутæ, цыдæриддæр уыдысты — Клавæ, Зæлнго æмæ Минтæйæ фæстæмæ — иууылдæр рынчын- доны кæрты балæууыдысты. Æрдæгæхсæв раздæхтыс- тæм фæстæмæ. Керым уым баззад, куы сбон уа, уæд, дам, хъæумæ суайон, кæннод, дам, бинонтæ куы фæтæр- сой. Знонæй нырмæ хæргæ дæр ничи ницы бакодта, знон нæ хæринаг бæргæ цæттæ уыди, фæлæ м,а ууыл уыдыс- тæм. Æддæмæ йæ исгæ дæр нæ ракодтой, дуртыл, куыд æвæрд вæййы, афтæ баззад. Æрдæбон æм нык- кастæн — йæ сæрыл фынк бады, сæнхъызт. Чызджытæ æмæ лæппутæй чи ныффынæй, чи æнæсæрфат хъеллау кæны станы раз, къордгæйттæй, иугæйттæй. Клавæ ста- ны хуыссы æмæ кæуы. Минтæ афтæ зæгъы, дысон ма, 211
У дам, иучысыл акуыдта, иннæтæ куы ацыдысты/" уæд. стæй, дам, бафынæйг. Боныцъæхтыл, дам, уыцйу хъæр ныккодта. Бацыдтæн æм, тæрхæгыл хуыссы дæлгоммæ, йæ кæ- уын нæ хъуысы — ныффæеус, фæлæ йе уæнгтæ хæрдмæ схъиуынц. Цы йæм сдзырдтанн, цæмæй йын фæлæууын кодтаин йæ зæрдæйы рис, кæм и, кæцы ’взаджы^с ахæм дзырд? Фæлæууыдтæн йæ уæлхъус æмæ рацыдтæн. Рынчын- донмæ ацæунд æмæ цы, куы ацæуа, уæд? Чи йæ бауадз- дзæн мидæмæ, æмæ йæ æни’у куы бауадзой, уæд цы? Кæсæд ма исчи уый диссæгтæм! Цы чындæуа дарддæр? Тых хъæуы, бирæ тых," мæнмæ та тых нал и. Искуы куы ’рбадин æмæ -мæ мидбынаты куыд æрбадон зæххыл, ис- куыдæм цæуынмæ та зивæг кæнын. — Аслæнбег, лæууынæй нæма бафсæстæ? — Керым- бандонæй йæ худ систа, йæ сæрыл æй æркодта, æркодта нæ, æрæвæрдта, фæлæ йæ фæстæмæ райста—æвæццæгæн æм уæззау фæкасти æмæ йæ, къулæнцой цы цæвæг лæу- уыд, уый хæцæныл (æрцауыгъта.. Цæвæг Джихаты Ма- нахы уыдаид, дæлæ тæразы бын уыцы хæмпæлтæ фæ- кæрды. Мæ къæхтæ мæ фæдйл баластон, æрбад’гæн бандо- ныл. Керым йæ къухтæ йæ фæскъæбутмæ схаста, ныз- зæмбыдта. — Цæмæ фæбæллын, уый зоныс? Æппындæр дæ ма- цæй мæт уæд, афтæмæй дзæбæх хурбон хъæмпыл схуысс æмæ фæхуысс, цас дæ фæнды, уыйбæрц. Афтæ мæм кæ- сы, цыма иу къуыри дæр фæхуыссин, иу мæй дæр. Æз æм æнкъардæй мæ цæстытæ сзылдтон, дзургæ йæм ницы скодтон. — Уæд та исты куы б’ахæриккам, куыд зæгъыс? Ма- радз-ма Джихаты Манахмæ исчи фæдзурæд.— Йæ ны- хасы хæдуæлвæд рагуыбыр кодта, йæ сæр адардта фи- сын’æй тæразырдæм.—Манах, рацу-ма! Чысыл фæстæдæр тигъæй æрбазынди Джихаты Ма- 212
нах. Дйсраджы лæг у Манах дæр! Æнæхъæн хъæуы уый йедтæмæ хонгæ Дæр афтæ никæй кæнынц: мыггаг æмæ номæй. «Уæртæ ма Манахмæ бадзур» дын ничи зæгъдзæн. Æнæмæнг дын эæгъдзæни: «Уæртæ ма Джи- хаты Манахмæ бадзур». Афтæмæй хъæуы нæ, фæлæ æнæхъæн райоиы дæр æрмæст иунæг лæгыл ис ахæм ном — Манах! Стыр æмæ нард лæг, хæрздаст, сæрæй, уадулæй. Р1æ уæлæ, вельвет кæй хонынц, уыцы хъуьт- рлæцтæн сæ кæрдæгхуызтæй гæлифе æмæ, фæсте рон кæмæн и, ахæм къандзолгонд. Гæлифе — стыр, фæй- нæрдыгæй æрзæбултæ уæраджы фæтасæнтыл. Æмæ æр- мæст ацы хатт нæ,— куы йæ зонын, уæдæй нырмæ йыл йæ аккаг хæлаф никуыма федтон. Йæ сæрыл æлхæнгæ хъæмпын худ, йæ базыртæ уæлæмæ схъæл, стæхынæв- вонг. Йæ дзыхы даргъ мундштук, мундштучы—даргъ сигарет. Раст дисны дæргъæн вæййынц дыууæ иумæ. Иæ къах цæф уыди — тæккæ фадхъулы фæкъæдзгæ- нæн. Акъахдзæф кодта, уæд-иу зæбулæй аззади къахы тъæпæн, æмæ-иу æй уыцы фæлмæн æвæрд æркодта зæххыл. — Цы баци уыцы лæппу?—йæ раззаг дæндæгтæй мундштук æрæлхъывта, афтæмæй ’фæрсы Манах. — Ницы йын уыдзæн,—дзуры Керым, йæ къух ауыгъ- та Манахырдæм; æз æй афтæ бамбæрстон: ма мæ хъыг- дар, ма мæ фæрс. — Уæд дзы куывд и. Хорз гал и Ногимæ, тыхджын хорз гал,— йæ сæр разыгæнæджы тылд бакодта. — Уый хорз, фæлæ абон цы бахæрæм? Хæринаг дæм ницы и? Манах йæ гæлифейы дзыппы йæ къух атъыста суанг йæ рæмбыныкъæдзмæ, уыцырдæм акъул кодта, дæгъæлтæ систа. — Дзул мæм и, æхсынæнты зети мæм и, макъаронтæ мæм и, цыхт мæм нал и... — Хæндыджы цæхдон дæм и? — Хæидыджы цæхдон ис. 213
— Уæдæмæ картофтæ сфыцæм. Хæнды^жы дæхдони- мæ Цæмæй æвзæр у картоф? — Ууыл мын уæ сæр дæр ма сриссæд.—Манах йæ мундштукы ныффу кодта, йæ къурткæйы риуы дзыппы йæ нытътъыста. Мундштукæн йæ къаддæр æрдæг уæлæ- мæ зынд, æмæ ма йæ хуынкъæй лыстæг цъæх фæздæджы цыхцырæг калд, афтæмæй араст и æртгæнæнырдæм. Куыддæр хæрыныл æрбадтыстæм, афтæ нæ иувæрсты маШинæ æрбауад æмæ махæй чысыл æддæдæр æрлæу- уыди. Д1ахырдыгæй дзы рахызти Гæстæн, фале та Со- зыр — партийы райкомы æртыккаг секретарь æмæ Цо- май. Гæстæн фынгмæ æрбараст. — Хуыцауытыххæй, чи уæ æрхъуыды кодта ацы зам- манай хæринаг! — Гæстæн æрбадт скъоладзауты ’хсæн æмæ хæрын райдыдта. Созыр æмæ Цомай æрлæууыдыс- ты машинæйы раз, дзырдтой æмæ дзырдтой. Сæ иу-иу нæма фæци, афтæ та-иу иннæ райдыдта. Æрæджиау нæм уыдон дæр æрбацыдысты. — Байриат æмæ бирæ хæрат! — Созыр ’йæ æрмттæ хæрдмæ систа æмæ нæм сæ фæдардта, цыма йе ’нгуылдз- тæ дæс кæй сты, уый нын æвдисынмæ хъавыд. Скъоладзаутæ ранæй-рæтты фестадысты, фынг фæ- бæгънæджытæ. Керым стъолмæ ацамыдта. — Æрбадут, Созыр,'Цомай/ — Хæлар уæхицæн,— загъта Созыр, йæ кæсæнцæсты- тæ райста æмæ сæ бпрæ фæсæрфта урс-урсид къухсæр- фæнæй. — Рынчындоныл нæ рацыдыстут æппын? Рынчындоны коймæ мæ къухтæ стъолмæ æрхаудысты, мæ улæфæнтæ мын цыма псчи йæ къухæй ацахстд — мæ улæфт кæмдæр æрдæгвæндагыл аскъуыд, сыстын афæнд кодтон, не сфæрæзтон æмæ бадгæйæ баззадтæн — уадз, цы уа, уый уæд. Æрæджиау кæмдæр дæле гуыпп-гуыпгæн- гæ рацыди цыдæр, суанг мæ хъæлæсы нарæгмæ схæццæ ис, уым ма иу-цалдæр гуыппы скодта, æмæ улæфæнтæ 214
феуæгъд сты. Мæ къæхтыбынæй ныуулæфыдтæн. — Абонсарæй уым не стæм, уæ рынчындоны,— Цомай йæхи фæразæй кодта.— Уыцы профессор нын ныфсытæ бæргæ бавæрдта. — Кæцы профессор? — Мæнæ йæм Созыр Мухтары фырт горæтæй про- фессор æрбаласта. Хирург. Федта йæ, нæ дохтыртимæ йын фæныхас кодта, æмæ, дам, хорз рауади операци. — Цыма æгæр раджы цйн кæнут. — Нæхи дæр кæм амардзыстæм? Мæнмæ афтæ фæкасти, цыма Гæстæнæн тынг хъыг уыд Созыры ныхас, стæй йæхæдæг ам кæй ис Созыр, уый дæр. Фæлæ уыцы æнкъарæн кæмдæр арф æрæвæрд- та æмæ, йæ разы уæлæнгай æвæрд цы уыд, уыцы ныхæ- стæ загъта, мæнæ хæдзары æфсин æвæрд æхцатæм куыд нæ бавнала, фæлæ лыстæджытæ" куыд рахæсса, афтæ. Керым фыццаг Созырмæ бакаст, уый фæстæ Цомай- мæ. — Иæхи нæма æрæмбæрста? — Æрæмбæрста,— Цомай та фæразæй кодта йæ ны- хас.— Иæхи дзæбæх æрæмбæрста, бæргæ. Æз сыстадтæн æмæ станмæ фæраст дæн. Клавæ хуыс- сыди, æрдæбон æй куыд ныууагътон, афтæ, йе уæнгтæ æнæбанцайгæ рызтысты. Иæ фарсмæ тæрхæгыл тæбæгъы цалдæр картофы, тæбæгъы цур тымбылтæй — йæ раз- дарæн. — Клавæ. Чызг нæ базмæлыди, йе уæнгты рызт ноджы фæтынг- дæр. — Клавæ,— йе уæхскмæ йын бавнæлдтон.— Хъусыс мæм? Уый мæм скасти, æз фæстæдæр алæууыдтæн — уыцы цæстæнгас бауромыны тых нæ уыди мæнмæ. Мæ къухæй мæ ныхмæ сæвнæлдтон, ме ’нгуылдзтæй мæ къæмисæнтæ æрбалхъывтон. Знонæй нырмæ афтæ аивдзæни адæймаг, уый мæ никуы бауырныдтаид. Æрмæст ма сæхи хуызæн 215.
уыдысты йæ цæстытæ, фæлæ уыдон та стырдæр фесты,— кæд сæ, цы тас æмæ маст бабадти, уый нæ цыд, &мæ уымæн афтæ фестырдæртæ сты? — Клавæ, мæныл æууæндыс? Уый мæм ницы сдзырдта, æрмæст йæ цæстытæ цы- дæр æнхъæлцау ноджы адынджырдæр сты. — Дзæбæх у, бауырнæд дæ. Фæнды дæ рынчындон- мæ, уæд дæ машинæйы арвитон? Машинæйы йæ арвитон, уыцы хъуыдыимæ йæм нæ бацыдтæн, бæргæ, машинæйы кой афтæ æнæнхъæлæджы схауди мæ дзыхæй. Чызг та мæм дзургæ ницы скодта, рабадт, йæ фарсмæ тæрхæгæй йæ раздарæн систа, йæ цæстытæ асæрфта. — Мах дæр-ма арвит,—мæ уæлхъус алæууыд Минтæ æмæ Зæлигомæ ацамыдта,—Мах дæр æй куы нæма фед- там. — Хорз. Уæхи бацæттæ кæнут. Лæгты, куыд ныууагътон, афтæ ныхасгæнгæ сæй- йæфтон. — Созыр Мухтары фырт, уæ машинæ-ма нын авæрут, уæртæ _нæ чызджыты рынчындонмæ сдавæм,— Созыры размæ бацыдтæн æз. — Цы, цы? — хъуынтъызæрфыгæй мæм тигъмæ æр- бакасти уый, æвгты мидæг мæм йæ цæстытæ фæкасты- сты сындзджын телы дыууæ æлхынцъы хуызæн. — Æртæ чызджы,— ме ’нгуылдзтæй æртæ фæхицæн кодтон æз,— рынчындонмæ. — Æмæ дзы тынг бахъуыдысты уыцы æртæ чызджы уыцы рынчындоны’? — Нæма йæ федтой... — Опп! Нæма йæ федтой! Уыдон æй куы нæ феноЛ! Цымæ æгæр лыстæг хъуыддæгтыл нæ аудыс? — Тагъд фездæхдзæни. Уырдæм сæ сласдзæн æмæ фæзилдзæн. — Ныу-уадз! — йæ цæсгом иннæрдæм ариуыгъта Со- зыр. Ныр та мæм афтæ фæкасти, цыма кæсæнцæстыты 216
мидæг авджы къæрттытæ уыди — цыдæрхуызон-иу ферт- тывтой, уазал æрттывд. Керым мæм йæ къух уæззау батылдта. — Омæ, нал лæууынц уыцы чызджытæ? Ныртæккæ- мæ машинæ æрбацæудзæн, æмæ ууыл ацæудзысты. — Цæй, мах машинæ дæр, цалынмæ ныхæстæ код- там, уæдмæ рынчындонмæ схæццæ уыдаид, цалынмæ ма ноджыдæр ныхæстæ кæнæм, уæдмæ 1а фæстæмæ æрыз- дæхдзæн. Куыд рауайдзæпп хъуиддаг — нырма йæ чи зоны, æмæ уæд...— Гæстæн фестади, машинæмæ бауади, рудзынгæй цыдæртæ ацамыдта мидæмæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхт йæ бынатмæ, машинæ станы размæ ныццыди. — Кусджытæ! Ахæм кусæгæн æз йе ’фцæгготыл ных- хæцин æмæ йæ уартæ быдыры кæронæй федде кæнин! — Созырæн йæ уæллаг был фестырдæр, йæ мидбынаты базмæлыди æмæ мæм, йæ нервытæй рынчын чи вæййы, суртæ-чи фæкæны, ахæм лæджы хуызæн фæкасти.— Гæс- тæн, скъолайы разамынд ссæрибар кодта йæ куыстæй ацы лæджы? — Уыди ахæм хъуыддаг. — Æмæ уæдæ цы ми кæны ам, кæй зондæй æрвыст æрцыд фæстæмæ? — Скъоладзауты зондæй. — Æмæ скъоладзаутæ сты нæ районы уынаффæгæ- нæг? — Ис ахæм бынæттæ дæр, скъоладзаутæ кæм хъуамæ уой уынаффæгæнæг. — Созыр Мухтары фырт,— ныхас йæхимæ райста Керым.— Ныр, зæгъæм, скъоладзаутимæ ацы лæг нæ^ уыд, фæлæ йын йæ бæсты кæй æрæрвыстой, уый, уæд, тракторы уромæнтæ кæй нæ феуæгъд уыдаиккой, уый дæ фидарæй уырны? — Дæ тракторы уромæнтæ кæй нæ хæнынц, уый тых- хæй ды дзуапп ратдзынæ, кæм хъæуа, уым.— Созыр йæ лыстæггомау æнгуылдзæй йæ цæсгомы рæзты кæдæмдæр уæлæмæ ацамыдта.— Тракторы уромæнтæ! Æмæ ныр 217
тракторы уромæнтæ феуæгъд сты, уæд ын æнæ ахсгæ нæ уыд? Намæ ахсын дæр зонын хъæуы. Алы хъуыддагмæ дæр сфæлдыстадон хуызы бацæуын хъæуы, цы уавæрты æрцæуа, уымæ гæсгæ. — Цалынмæ мах, нæ трактор цы уавæрты атылди, ахæм уавæрты трактор куыд уромгæ у, уыцы хъуыдда- гæн разамынд дæттын чи зоны, ахæм лæг агуырдтаик- кам, уæдмæ Сопо республикæйы арæнæй ахызтаид. — Кæй Сопо? Керым бахудт, йæ сæр дæлæмæ æруагъта, афтæмæй йæ дыууæрдæм батылдта, цыма йыл дыдын абадынмæ хъавыд æмæ уый сырдта. Созыр раст алæууыд. — Тынг худæг у, нæ? — Худæг дæр у, уæдæ циу? Афтæ нæ трактор хонæм. Мæнæ чи атылди, уыцы трактор. Созыр Керыммæ ницуал сдзырдта. Фæстæмæ мердæм раздæхт. — Æмæ кæдæм ахызтаид, уыцы республикæйы цæр- джытæ трактор никуы федтой, æви йæхæргæ акодтаик- кой, æви уыдон æндæр паддзахадæй сты! Трактор! Трак-' тор куыд ахсгæ у, уый дæр зонын хъæуы! — Омæ, кæд ды зоныс, куыд ахсгæ у, уый, уæд аей ныффысс, колхозонтæм æй арвит, æмæ дзæгъæлы фыдæ- бон ма кæна, йæ трактор сæ кæмæн аирвæза, уый, фæ- лæ-иу æй дæ амындмæ гæсгæ уайтагъд рацахса. — Куыд кæсын, афтæмæй дæ, лæппу, скъола ныу- уадзын бахъæудзæн. Алкæуыл~не ’ууæндæм скъоладзау- ты. — Æз педагогон институт каст фæдæн. — Педагогон институт каст фæвæййынц бирæге, æцæг ахуыргæнджытæ та се ’хсæн вæййы гыццыл.— Со- зыры амонæн æнгуылдз сындæггай уæлæмæ схъил и æмæ афтæмæй баззад, хæцаг калм искæй ныццæвыны размæ йæ сæр уæлнау куыд сисы, афтæ. Мæнмæ фæзынди иу бæллиц: тæхуды, ныр ын йæ 218
амонæн æнгуылдз рацахс æмæ йын æй йæ рæбыныл асæтт. Хæстæгдæр æм балæууыдтæн. — Мæнæ ам чи бады, уыдон иууылдæр партионтæ сты, æмæ дын уыдон цур зæгъын: ды райкомы кæй ку- сыс, уый раст нæу. Цыдæр рæдыдæй бахаудтай уыцы куыстмæ. Æцæг зæгъын, æцæг. Мæсты дæн — уый тых- хæй дæр æй нæ зæгъын. Партион кусæг хъуамæ тæри- гъæд кæнын зона, хъуамæ йæм хъара искæй тæригъæд. Кæд мæ фæрсыс, уæд- йæ уыцы миниуæгмæ гæсгæ дæр хъуамæ хицæн кæна иннæ адæмæй. Уый стыр æнкъарæн у, адæймаджы тынг чи хъæуы, ахæм æнкъарæн. — Нæ хъусыс, Цомай Дудайы фырт, дæ ахуыргæнæг цы диссæгтæ дзуры? Цомайæн йæ цæстытæ уыдысты цъынд, кæд æй хуыс- сæг æрцахста. Йæ ном куы фехъуыста, уæд йе ’рфгуытæ^ сæхи фæриуыгътой, уæлтъыфæлттæ схæцыдысты уæлæ- мæ, цæстытæй ракаст, дæлиауæй сулæфыд, дзургæ ьицы. скодта. Æз азылдтæн æмæ станмæ ацыдтæн. Скъоладзаутæй иутæ тымбылæй лæууыдысты, хатæ- ны бæрæг астæу æмæ цæуылдæр ныхас кодтой, кæрæ- дзийæн дзырды бар нæ лæвæрдтой. Мæн куы федтой, уæд, æрæджы кæй æртасынчындæуыд æмæ тастæй чи нæма ’рцахуыр, ахæм тæлы куыд феуæгъд уа, уыйау мердыгæй фегом сæ тымбылæг. Лæппутæй чидæр тæрхæгыл бафынæй цæхгæрмæ, йæ мады æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсынæй Чи бафæллайы, ахæм сабийы хуызæн. Дæлдæр тæрхæджы рæбын цал- дæр чызджы æнкъардæй бадтысты. Раздæр-иу не стан цæрæг хæдзары хуызæн уыд, ныр нын, Бисолтаны загъ- дау, уазал смаг скодта. — Шотик, цалынмæ ’рцæуай, уæдмæ дæ бæсты чи уыдзæн? Лæппутæ ныссабыр стьь — Эдик куыд уаид? — Шотик лæппутæм бакаст. — Фæдзурут-ма йæм. 219
Эдик кæцæйдæр æрбауад. Иæ теглайы зæронд æдзух куыд вæййы, афтæ йæ сæрыл. Худы астæу — тымбыл хуынкъ, быдырбæсты цæрæг адæмыхæттыты цæрæиуа- ты цы фæздæгдзæуæн хуынкъ вæййы, уый хуызæн. Йæ 'Сæрыхъуынтæ дзы сзындысты. — Эдик, бригадиры куыст зоныс?—фæрсын æй хъæл- .дзæгæй. — Шотичы куыст?..— фæтыхсти лæппу. — Равзариккам дæ, фæлæ дæ худ зæронд у æмæ... — Мæнæ мын Шотик æрхæсдзæн ног худ.— Лæппу йæ худ систа, йе скъуыды йын йе ’нгуылдз æртъыста, арæхстгай йæ æркодта фæстæмæ йæ сæрыл.— Уæззау дæ тынг, Манамахы худ! — схудти, схудтысты иннæтæ дæр. — Манахы худ, дам,— йæ гыццыл цæстытæ фæирд’ кодта Борик. — Уромæм æй бригадиры хæстæ æххæстгæнæгæй? — ^фæрсын сæ. — Уромæм! — Ныр Эльбрусы бæсты та? Эльбрусы бæсты дæр уал искæй равзарæм. Кæннод нæ куыстыбонтæ ныйиугай уыдзысты. Скъоладзаутæ ныссабыр сты. Сæ цæсгæмттæ мæнмæ арæзт, сæ цæстытæй мæм кæсы уазал, æмæ мыл ихæнриз бахæцыд. Æз мæхи хъавын æдыхст, æнæмæтæй равди- сынмæ, фæлæ уый мæ бон нæу. Лæууынц скъоладзаутæ чызгæй-лæппуйæ, æмæ дис кæнын: æмбырд та куыд тагъд æрбаисты? Æнæуи сæ цæмæй иу ранмæ æрæм- бырд кæнай, уый тыххæй ратæх-батæхæн куы бахъæ- уынц Шотик æмæ Эдик. Лæууынц æмæ мæнмæ кæсынц кæрæдзины уæхсчыты сæрты. Сæ цæстæнгас цас уæззау- дæр кæны, уыйбæрц æгуыппæгдæр кæны хатæн. Афтæ мæм кæсы: ахæсдзæн æгуыппæг, ахæсдзæн, стæй уый- æппæт цæстыты уазалæй нал бауромдзæн, ныггуыпп лас- дзæн, æмæ уаты цыдæриддæр уæлдæф и, уый ныскъуыд- тæ, нызгъæлæнтæ уыдзæн, фæзгъæргай, æрттигъгай и:о-
æрызгъæлдзæн, æмæ пъолы фæйнæджытæ сæ гыбар-гы- бурæй нал æнцайдзысты. — Эльбрус дзæбæхдæр у. Чызджыты дæр нæ ауагъ- таин, дзаебæхдæр куы нæ уаид, уæд.— Мæ цæстытæ ба- цъынд кодтон, æрæджиау дзурын сфæрæзтон. Кæройнæгтæй чидæр схуыфыди, чидæр сулæфыд, даргъ, фæллад улæфт, чидæр цыдæр загъта фæсус хъæ- лæсæй. — Бибыцы равзариккам? — Шотик йæ бæрзæймæ сæвнæлдта, йæ сæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта. — Уый та чи у? Шотик бахудти, фефсæрмы. — Мырзæйæ зæгъын. Диссаг сты ацы лæппутæ! Адæймагæн йе ’цæг ном сæ дзыхы ад нæ кæны, хъуамæ йыл æнæмæнг æндæр ном авæрой. Æвæццæгæн сын ахуыргæнджытыл дæр ис нæмт- тæ æвæрд. Цымæ нæ кæуыл цы ном сæвæрдтой? Гыццыл афынæй кодтон, хæрзгыццыл, афтæ мæ Ду- ли райхъал кодта, Керымы шофыр. — Керым дæм дзуры,— загъта мын асæст хъæлæсæй æмæ мæ разæй фæцæуæг. КерымьГ сæййæфтон Бисолтаны сынтæгыл бадгæ. Йæ разы дæргъæй-дæргъмæ лæууыди Джихаты Манах. — Найгæнæнтæ ’рбацæуынц, сæр нæ бахъуыди, лæп- путæ. Дули йæм хæстæгдæр балæууыд. — Мæнæ лæппутæн се стæвдты æвзарæм. — Лæппутæ фæллад сты, æгъуыссæг. Уæд та сæ ис- чи комбайны бын бафынæй. . — Уæдæ ардыгæй райсоммæ уыцы уæззау хъæдур хæйрæг куы нæ феппардзæн. — Æндæр гæнæн нæй. Сагæйттæ цæттæ сты? — Сагæйттæ бæргæ и.— Манах йæ риуы дзыппæй 221
йæ мундштук систа, сигарет дзы фидар батъыста.— Кæ- сыс, æрбазындысты. Æцæгдæр «Базынæн» кæй хуыдтам, ууылты æрба- зылди дыууæ машинæйы — сæ рухсытæй бæрæг уыд, .æмæ бæлæсты бынты станырдæм рараст сты кæрæдзийы хæдуæлвæд. Цыдысты сабыр, цыма, бæлæстæ цал сты, уый нымадтой. Иу найгæнæнмæ æппæрстам Керым æмæ æз. Найгæ- нæн иу мæкъуылгондæй цыд иннæмæ, мах-иу февнæлд- там æвгæнынмæ. Æвгæнын хъуыд радыгай, кæд-иу нын дыууæйæ иумæ æппæрст фæци, уæд-иу хъæдур æгæр рауад—ласæн рæхыс-иу æй бæргæ рогæн аскъæфта, фæ- лæ-иу кæмдæр мидæгæй найгæнæны хъуыр айдзаг, най- гæнæн-иу ферхæцыд, æмæ та-иу уæд найгæныныл кусæг иу æнæдаст дæлтъур лæппу хъуыр-хъуыр, бустæгæнгæ рæхыс фæстæмæ æрзылдта: хъæдур-иу æрдæгæууылд- тыты хуызæн тымбылæй скалди найгæнæны хъæлæсæй. Æцæг зын æппарæн уыд. Иуæй зад æмæ уæззау, ин- нæмæй кæрæдзийыл стыхсти, мæнæ, æхснудинаг æлвыст куыд ныссуйтæ уа, афтæ. Иу бындзыг дзы сисон, ку# зæгъай, уæд йæ фæдыл цас раласы! Рæгъытæн сæ астæумæ дæр нæма бахæццæ стæм, афтæ Керымимæ нæ улæфт кæрæдзимæ хъуысын рай- дыдта. Ныры хуызæн мæ никуыма фæндыд, куы нæ бафæллаин, уый. Кæннод Керым дæр мæн тыххæй куы ныууадза йæ куыст æмæ дзæгъæлы куы фæлæууой машинæтæ. Архайын мæ улæфт бамбæхсыныл, фæстæмæ йæ нынныхъуырын, фæлæ уæд зæрдæйы цæфтæй иу ин- нæйы баййафы, баиу вæййынц, æмæ зæрдæйы гуыпп ■фæцæуы. Улæфт улæфты æййафы,— уадз æмæ йæ æййафæд, къæмисæнты тугдадзинтæ дзæхст-дзæхст кæнынц,— уадз æмæ дзæхст-дзæхст кæнæнт уыдон дæр! Мæнæн ныртазя- кæ,мæ зæрдæйæ мæ сæрмæ ис иунæг фæндаг, æмæ йыл дыууæрдæм рацу-бацу кæны иунæг хъуыды—ма басæт- тон, фæллад кæй дæн, ууьтл, цыфæнды фæлладæй дæр ма 1222
аеруадзон мæхи, ма ныууадзон мæ куыст! Ног та æрса- дзын сагой хъæдуры, схæцын ыл мæ тых-мæ бонæй, раст ма мын æрмæст уыцы иунæг тъыфыл баззад сæппари- нæг, сыскъуынын æй æмæ йæ фехсын уæлаемæ, æма, суй- тæ-тыхтытæй азгъоры хъæдур найгæнæнты хъæлæсмæ, мидæмæ, ныггыбар-гыбур кæны найгæнæн, нытътъæп- пытæ кæнынц кæрæдзийы цыдæр æфсæйнæгтæ. Ног та æртъыссын сагой, сисын тъыфыл, фæлæ зæрдæйæ сæрмæ цы хъуыды цæуы, ууыл хатт хæрхæмбæлд фæвæййы æн- дæр хъуыды: бонмæ афтæ, суанг бонмæ?.. Фыццаг хъуы- ды фæцуды, æмæ ме уæнгтæ æрцæйзгъæлынц. Нæй, нæй! Иу æхсæвваг куыд нæ суыдзынæн, фæлтау райсом цы- фæнды уæд! Мæнæ рæгъы кæронмæ дæр фæхæццæ кæ- нæм. Уæртæ ма дзы иу-цалдæр мæкъуылгонды ис. Хæх- бæсты ласæн кæй хонынц, уыйæстæ. Фæцæуын та дзы иумæ æд сагой, мæ ризгæ къухы уæлфадæй мæ ныхьт хид асæрфтон иуырдæм, иннæрдæм. Бахæццæ дæн хъæ- дурмæ, æртъыстон та дзы сагой, цонджы хæцъæфтæ фæ- тынг кæнын нал комынц, фæлæ та сыл æрæнцадтæн.... Чидæр мæм цыдæр дзуры, кæд Керым у. Стæй мын мæ сагоймæ æрбавнæлдта. Фæисы йæ, фæбыры сагойы- хъæд мæ къухтæй. — Махæн цæуылнæ загътай? — дзуры та, ацы хатт хъæрæй, тынг хъæрæй. Кæсын æм — Шотик. Исты йæм куы сдзурин, æмæ куыд сдзурон? Æнæуый дæр улæфт улæфты куы ’ййафы. Афтæмæй дзурæнтæ и?Керымæн дæр чидæр айста йæ сагой. Ахызтæн иуварс, æрлæууыд- тæн, улæфын мæ хъæлæсь^дзаг — нæй, ницуал ахады уæлдæф, тынг дойныйæ, хурмæ чи фæхъарм, ахæм дон куыд нуазай; æмæ уый куыд ницуал æххуыс кæна дойны басæттынæн, афтæ. Манах мæм æрбацыд, мæ фарсмæ зæххыл æрбадт æнæдзургæйæ. Æз дæр æрбадтæн, мæ рæмбынкъæдзыл •мæхи ауагътон. Зæхх змæлы мæ быны, хæрдмæ мæ риуы- гъы. — Аслæнбег,— мæ уæлхъус æрлæууыд Керым,— иу 223
ранмæ сæ æрæмбырд кæн, алы рæтты куыд нæ уой, аф-. тæ — исчи сæ искуы бафынЗей уыдзæн — æмæ сæ ды- гæйттæй æрвит найгæнæнтæм. Фюндз минуты бакуыстой, раив сæ. Дули, ды дæ машинæйыл калонæма: тъæбæртт кæн, уый уым ныууадз. Трактортæй искæуыл уæрдон абæтт æмæ—ардæм. Най хъæдур хъуамæ фæдæле кæнæм. Кæд кусгæ, уæд—кусгæ!—Керым фæцæуы, фæцæуын æз дæр. Хъуысы лæппутæ æмæ чызджыты хъæлдзæг ны- хас. Бацыдтæн иннæ комбайны цурмæ. Борик æмæ Гас- бар æппарынц. Иу-цалдæрæй сæ цуры лæууынц. Борик цыдæртæ дзуры, тъыфылыл куы схæцы, уæд фескъуийы йæ ныхас. Сагой дæлæмæ куы æрисы, уæд та райдайы. — Къæпийы ахæм даргъ хъæд ницæмæн хъæуы. А ф- тæ нæу> æццæй? Даргъ хъæд бæззы сагойæн. Æз мæ даргъ еагойы хъæд судзгæ уарзтæй уарзын,—афтæ хъуа- мæ ныффыстаид, гъе, Аби. Фæлæ нырма лæппын у, тæ- нæг фыссы,— уæлæмæ скасти найгæнæн скъæрæджыр- дæм.— Ахæц размæ, кæд ма дæ хъæлхъæлаг кусы,. уæд. Райхъуыст лæджы хъæрæй худын, стæй та йæ ныхас-. — Хстæджыстæн, ацы лæппу куы нæ уыдаид, уæд афонмæ бафъшæй уыдаин. Базмæлыди та иайгæнæн æмæ нæтгæ, хъыррыстгæн- гæ араст и. Мæй скасти. Уый уыди зæрдæрухс æфсинау зæрдæ- рухс æмæ хъæлдзæг. Скасти куыддæр æнæнхъæлæджы. Цыма гыццыл скæсынмæ хъавыди æрмæст, фæлæ иъщ æгæр каст фæци æмæ уæд йæхи нал басаста. Уайтагъд быдыр урс адардта æмæ афтæ зынди, цыма уыцы урс уаргæ кодта зæххыл, мæнæ æрæгвæззæджы фыццаг миг куыд æруары, афтæ. «Зарæг Ленины хæхтæй тæхы, , Хæдзæрттыл — æвзист. Уæд мæнмæ та Мæскуыйы зæххыл Уарзын цæуы — нæй дзы ’фсис...» 22 \
ратахти чызджыты астæуæй зарæг — зарæг батахти зæр- дæтæм, æрзылди найгæнæнты алыварс, стæй быдыры сæрмæ бæрзонд систа йæхи æмæ атахти, зæрватыкк йе ’мбал — йе ’мкъайы агурæг куыд атæхы, афтæ. Чызджыты бадæн — найгæнæнтæй чысыл æддæдæр, карст зæххыл. Бадынц æмгуыдынæй. Афтæ æнгом бадын æрмæст чызджытæ зонынц. Æрмæст бадын бафæразæнт, уыййедтæмæ уайтагъд æнгомæй-æнгомдæр кæнын рай- дайынц: иу иннæйы уæрджытыл йæ сæр æрæвæрдзæн, иннæ йæ фарсмæ бадæджы астæуыл æрбатухдзæн йæ цæнгтæ, æрбалхъивдзæн æй йæхимæ æмæ се ’хсæн рухсы цъырт нал атæдздзæн; æртыккаг йе ’мбалы дæлармы атъысдзæн йæ сæр æмæ уырдыгæй ракæсдзæн, гыццыл цъиу йæ мады базыры бынæй куыд ракæсы, афтæ. Æмæ баддзысты æнгомæй, иуы буар иннæуыл æнцайдзæн, иуы зæрдæйы цæф иннæмæ хъуысдзæн... Зарæг тæхы. Найгæнæнтæ дæр æй ницы хъыг да- рынц. Сæ гыбар-гыбур, сæ къæрццытæ, сæ хъыррысты- тæ бынæй аззайьгнц, нæ хæццæ кæнынц зарæгимæ. Заргæ та йæ Дауханты чызг кæны. Æстæм «в» къласæй. Сæли- мæт. Фыд ын нæй, фæлурс чызг. Рынчынхуыз дæр фæ- кæсы адæймагмæ. Фæлæ куы фæзары,— заргæ та арæх кæны—уæд йæ уадултыл туг ахъазы æмæ, кæуылты æрзилы, уый уыцы бæрæг фæдары, цыма йын йæ уадул- тыл æдде бакалдæуыд туг... «Уарзын цæуы — нæй дзы ’фсис...» Чысыл фæстæдæр æрбахæццæ Дули. — Керым ма нын цыдæртæ афæдзæхста, лæппутæй иу-цалдæры гуыффæмæ схнзын кодта. Мах Джихаты Манахимæ бадтыстæм æмæ æнæдзур- гæйæ кастыстæм тракторы фæдыл. Иуафон бæлæсты бынмæ ныххæццæ и,— бæлæстæ сæ иугай къæхтыл рæгъæй алæууыдысты йæ разы, æмæ трактор сæ бынты куы ныйивгъуыдта, уæд цыма махыр- дæм ратындзыдтой... 15 Хурвæндаг 2?5
18 — Аслæнбег Астемыры фырт, уый ды уыдтæ? — Сте- фæ лæууыди мæнæй дыууæ-æртае къахдзæфы æддæдæр. Йæ къухтæ цыма фæстæмæ баст уыдысты, уыйау сæ йæ чъылдыммæ дардта. Иæ уæз йæ иу къахыл æруагъта, иннæ зæнг уæраджы фæкъæдзгæнæныл фæтасыд. Æз æм сындæггай, куы мæ фена, уымæй тæрсæгау аздæхтон ме ’нгас. Уый мæм комкоммæ касти йе стыр цъæх цæстытæй. Цæстыты цъæх цыдæрхуызон фемæхсти, мæнæ ивылд дон йæ былтæй куыд акæла, уый хуызæн. Цæстыхаутæ сæхи бæрзонд систой — даргъ æмæ схъæл, цыма сæ алчидæр æхсаргард уыди æмæ сæ алчидæр мæн æрцæвынмæ хъавыди, æрмæст ма мæ фæстаг ныхасмæ æнхъæлмæ кастысты. — Æз уыдтæн, Стефæ. Нæй, нæ фезмæлыдыстк цæстыхаутæ, не ’ркалдысты. — Æмæ дзы цы ми кодтай? — Куыд дын æй зæгъон? Дæу агуырдтон. — Цæмæн мæ агуырдтай? — Нæ зонын. Цæстыхаутæ барызтысты, сындæг сæхи æруагътой— æркаст йæ гом къæхтæм, уæгъд лæуд кæуыл кодта, уый хистæр æнгуылдзæй иннæйы уæлфадмæ бавнæлдта, иу- хатт, дыууæ хатты, æмæ араст и хуымы кæрæтты. Иу- цалдæр къахдзæфы куы акодта, уæд фенкъуыстæн æз дæр. Афтæ цыдыстæм — Стефæ чысыл раздæр, æз чысыл фæстæдæр. Йæ бур-бурид дзыкку цыдæрхуызон фаст уы- ди — йæ фæсонты уонг æххæсти, æндæр нæ. Æмæ уыцы уæззау уылæнæй змæлыди. Бæгъæввад, бæгъæмзæнг, бæзджынгомау фæныкхуыз хъуымацæй юпкæ æмæ коф- тæ, æнахуыр рæсугъд кофтæ. Хуымæтæг хъуымац, йæ зæхх — сау, сау сæрачы хуызæн æмæ лæгъз. Æмæ йыл, тынг сырх чи нæ у, ахæм дидинæджы цупæлттæ. Иæ ном нæ зонын уыцы дидинæгæн, хуызæй лæджирттæджы хуы- зæн у, зайгæ та уымæлбын рæтты кæны. Дæргъæццои 226
гагагæндтæ’къалиуæн йæ иуырдыгæй дæр æмæ йæ ин- нæрдыгæй дæр. Чи сæ урсдæр у, чи — сырхдæр, афтæ- мæй фæрсæй-фæрстæм зайынц, уыцы иу хъæдыл. Хуымы кæрон — халамæрзæн. Цымæ кæцæй æрхауди ардæм, знон дæр ма ам куы нæ уыди. Æвæццæгæн, хуы- мы кæрæттæ кæрдгæ кæндзысты, ссивгæ æмæ судзгæ, хæмпæл куыд нæ сарæх уа, афтæ. Стефæ чъылдымырдæм йæхи бауагъта халамæрзæны цалхыл. Йæ къухтæ — йæ чъылдыммæ. Лæууы бæрзонд цалхы æнцой æмæ æдзынæг кæсы мæнмæ. Мæнмæ æви мердæм? Йæ цæнгтæ фæстæмæ ахæ- цыдысты кофтæйы тæрттыл, риутæй дæлæрмттæм фа- ринтæ бады уыцы рæсугъд хъуымац. Дзаг уæнгтыл æнгом æрбахæцыд, уæраджы фæтасæнты уонг чи æххæ- ссы, уыцы фæныкхуыз юпкæ. Æз æм кæсын нæ фæра- зын, афтæмæй йæм æнæ кæсгæ дæр нæ фæразын. — Аслан, æмæ мæ милицæйы та цæмæн агуырд- тай? — йæ худт æххæст нæ райхæлд. — Милицæйы дæ нæ агуырдтон. Милицæмæ уый фæ- стæ бахаудтæн^дæу куы нæ ссардтон, уæд... Æмæ та райдыдтон дзурын — ныр æртыккаг хатт — уыцы боны хабæрттæ. Фыццаг дыууæ хатты бæргæ æн- цон дзурæн уыдысты — кæй агуырдтон, уый Гæстæн æмæ Кæлинæйæн дæр не схъæр кодтон, скъоладзаутæн дæр. Ныр уый лæууыди — уыцы бон Гигуцатæй кæй агу- рæг раздæхтæн, нæхимæ дæр куы нæуал бахæццæ дæн, лæууыди æмæ мæм æдзынæг касти, æз та йæ разы лæу- уыдтæн æмæ дзырдтон. Хатт-иу мæхимæ, фæлварæн чи дæтты, ахæм лæппуйы хуызæн фæкастæн. Дзырд куы фæдæн, уæд хæстæгдæр балæууыдтæн цалхмæ, бавнæлдтон æм. Æрæджиау мæм Стефæ йе ’ргом раздæхта, йæ галиу къух цалхæй чъылдымы ’хсæн баззад, рахиз къух райста, йæ тымбыл даргъ æнгуылдз- тæй фыццаг йе ’рфыг аныхта,- стæй сæ йæ пух сæры- хъуынты атъыста, фæлæ нæй — къух йæхицæн бынат нæ ардта, уайтагъд та сæрыхъуынтæй фæхицæн æмæ арæхст- 227
гай, цæргæс мæкъуылы хъилы цыргъ цъуппыл куыд æр- цæйбады, афтæ арæхстгай æрæнцади мæ хæдоны та- рыл. — Аслан, баныхас кæнæм,— загъта Стефæ йæ сæр фæйнæрдæм зына-нæзына æнкъуыста, афтæмæй. Чысыл фæлæууыд йæ ныхасæй, æмæ уæд бафиппайдтон, йæ къух мæ риуыл куыд рызти, уый. Фæлæ йæ йæхæдæг, æвæц- цæгæн, нæ уыдта, кæнæ та йæ уыдта, фæлæ йæ къухы мæт нæ уыди.— Æз æмбарын дæу. Ды мæнмæ цы цæс- тæй кæсыс, уый. Ма кæн, Аслан, ма кæн! — Стефæ фæ- тыхст, зæхмæ ныккаст.— Мæн нæ фæнды, цæмæй ды ис- куы фæсмон кæнай, æмæ дæ фæсмоны аххос уон æз... — Æмæ цæуыл хъуамæ фæсмон кæнон? — мæ ныхас Стефæйы ныхæсты раз ницы уыди, мæнæ ивылд хохаг доны раз гайлайьГ фæйнæгимæ куыд æрлæууай, уымæй уæлдай. Фæлæ мæ исты дзурын хъуыди, кæннод куы ба- сабыр уæм, уæд йæ къух мæ риуыл æгæр кæй дары, уый куы фæхъуыды кæна æмæ йæ куы айса, уымæй тарстæн. — Дыууæ цардыгъдауы иу царды мидæг зын баиу кæнæн сты. Стыхсдзынæ, æмæ æз нæ бафæраздзынæн дæ тыхстмæ кæсын. ,у — Дæ ныхас мæм куыд кæсы, уый зоныс? Мæнæ гыццыл сывæллоны йæ фыдымад хæмпæлтæм куыд нæ уадза, ма бацу, бирæгъ дыл фæхæцдзæни, зæгъгæ... Æз бирæ цæуылдæрты ахъуыды кодтон, стæй дзы хъуыды кæнын дæр ницæмæн хъуыди. Æз дæ уарзгæ кæнын, уарзт кæм уа, уым та хъуыдыйы сæр ницæмæн хъæуы. Уарзты фæдыл хъуыды кæнын — уый тæригъæд хъуыд- даг у. Йе ’рттывд мынæг кæны хъуыды уарзтæн, æрмы- дул æй кæны. — Тæригъæд,— загъта Стефæ, йæ къух айста мæ ри- уæй, йæ дзыккутыл уæлæмæ схæцыди иу æрфыджы сæр- мæ дæр, иннæ æрфыджы сæрмæ дæр, æмæ æз бамбæрс- тон: нырма ныртæккæ зæгъдзæни йæ дзуринæгты сæр. Ныронг цы дзырдта, уыдон дæр уымæн дзырдта — сæй- раг дзуринаг зæгъын æй нæ фæндыди. 223
— Мæнæн уыд лæг, лæг нал и — ис Алинæ, мæ удæнцой, мæ уды сагъæс Алинæ. Æз ауыдтон Алинæйы. Бурдзыкку, цъæхдзаст гыццыл чызг. Фæлæ уый уыд æрмæст иунæг уысм. Чызджы бы- нат февзæрди Стефæ, уый дæр иунæг уысм. Стæй афти- дæй аззад сæ бынат. ’ ’ — Аслæнбег,— даргъ æмдымбыл æнгуылдзтæ та змæ- лынц мæ тарыл,— ды мын бамбардзынæ мæ уавæр. Цал хатты мæ уыдтай, цал хатты мæм кастæ, уал хатты дæ цыма исты давтон, уал хатты цыма цыдæр тæригъæды цыдтæн... Ды сыгъдæгзæрдæ дæ, Аслан, æмæ ноджы хæ- ларзæрдæ. Ды бирæ хæттыты æрцыдтæ мæнмæ мæ фыны дæр æмæ мæ’хъалæй дæр. Мæнæн-иу уыди æнцон. Фæс- мон ма кæн, кæй-иу æрцыдтæ, ууыл. Ды ницы аххос- джын дæ уым. Аххос иууылдæр мæнмæ хауы. Ныр мæм никуал æрцæ>цзынæ, æвæццæгæн, никуал аныхас кæн- дзыстæм. Дыууæйæ, æхсызгон ныхас...—Стефæ фæтыхст, цыма скæуынмæ хъавыд. Æз иуварс аздæхтæн, машинæйы рæтæнагъдыл æр- бадтæн, кæд мæ зæрдæ ме ’муд æрцæуид. Фæлæ диссаг! Мæ сæр фестади тынг уæззау, бæрзæйы бон йæ бауро- мын нæ баци. Мæ чъылдым сындæг æрхастон зæхмæ. Стефæ иу фезмæлдæй мæ цуры фестад, мæ уæлхъус йæ зонгуытыл æрлæууыд, мæ сæр мын йæ уæрджытæм сис- та, йæ зæнгтыл æрбадт. Æз мæ сæр бауыгътон, ракас- тæн. Стефæ мыл йæ фидар цæнгтæ æрбатыХта, æрбал- хъывта мæ йæхимæ, йæ уæззау риу мæ уадулыл æрæн- цад, æмæ мын мæ ныхæн аба кодта. — Дæ бирæ дзæбæхты тыххæй. Зын мын куы уыди, уæд-иу мæм æнæзивæгæй кæй æрцыдтæ, уый тыххæй. Ныр дæм никуал фæдзурдзынæн. Макуыуал-иу мæм æр- цу... Сыпдæггай цыдыстæм хуымы кæрæтты дæлæмæ, Кæ- линæ æмæ скъоладзаутæ кæм хъуамæ уыдаиккой, уы- цырдæм. 229
«Мæнæн уыди лæг, уый нал и...» зæлланг кодта мæ сæры. Цымæ цы фæци, мæлгæ акодта? — Мæлгæ акодта? — О. — Раджы? : — Раджы дæр уыд æмæ раджы дæр нæ уыд. Æз хъуыды кодтон Стефæйы лæгыл: цы хуызæн уы- даид? Рæсугъд уыдаид. Бæрзонд, æвæццæгæн. Бурхил æмæ цъæхдзаст. Хæрзаг-иу райсом сæхицæй куы цыд, уæд- иу æй йæ къах нæ хаста, кæнæ-иу изæры сæхимæ куы цыд, уæд-иу тындзыдта... Стæй та йын тæригъæд фæ- кодтон. Уæдæ йæм цавæр фыдæх уыд йæ хъысмæт?! Æмæ цымæ цы кодта, цæмæй амарди? — Æмæ цы кодта, Стефæ? — Хохæй рахауди. Цъитийæ. Альпинист... Скъоладзаутæ æмæ Кæлинæйы ныййæфтам хуымы кæрон æрхы был. Был уыди бæрзонд, æмæ сæ къæхтæ дæлæмæ ауагътой, афтæмæй бадтысты рæгъæй, зæрва- тыччытæ телыл куыд ныххал вæййынц, уый хуызæн. Мах Стефæимæ фæйнæрдыгæй сæ кæрæтты æрлæууыдысгæм. Хазби цыдæр дзырдта, иннæтæ йæм хъуыстой. Кæлинæ та йæм цыдæр цымыдис цæстытæй касти. Уымæн дæр скъоладзауты хуызæн йæ къæхтæ дæлæмæ æрхырдæм уагъд, йæ гом зæнгтыл тæнæг сæрбæттæн æмбæрзт. — Гъеныр мын хъуамæ æртындæс уыдаиккой, фæлæ мын дзы иу фесæфт æмæ ма мын дыууадæс сты. Фæлæ ма иу фыссын æмæ уый куы ныффыссон, уæд та мын фæстæмæ æртындæс бауыдзысты. Æцæг- мын дзы фондз гыццылтæ сты, дыгай къуплеттæ мын дзы сты фондз... Борик ын ныфсытæ авæрдта: — Аби, ууыл та цы тыхсыс? Гыццыл æмдзæвгæ дæр æмдзæвгæ у. Уымæй уæлдай нæй. Хазби фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. — Уæд~та ма бафтауин цыбыртыл дæр? — Дæ хæдзар фехæлæд, кæд уыцы цыбыртыл цы бафтыдтæ! 230
— Æмдзæвгæ бæзгæ куы кæна, уæд цыбыры тыххæй фауддзаг нæу.—Йæ бадæны базмæлыд Кæлинæ дæр. — Бæзгæ та куыд нæ кæнынц. Ибон нын дзы иу ка- сти æмæ Сопо йæ бæттæнтæ куы атыдта. Цæуыл ху- дут?!—Ничима схудт, афтæмæй фездæхт йæ алывæрс- тæм Борик. Стефæ чызджыты кæрон йæхи æруагъта. Æз лæугæйæ баззадтæн. — Уæдæ уын дзы кæсын иу. Мæнæ уын ацы æмдзæв- гæ кæсын. Бон æрбарухс, тагъддæр сыст, Скæн дæ гæрзтæ сабыр. Мах фæллойы стæм æхсыст, Фидар у нæ дзабыр. Бон куы ыстæвд вæййы, уæд, ; Зон æй, хур фæкъул и. Ды дæ даргъ къæпийы хъæд Банцой уал кæ къулыл. Бон куы ’рталынг уа, куы уат Иууылдæр хæрзфынæй,— Ис мæнæн мæ фæлмæн уат Ыстаны рæбынæй. Де ’мбал кæд кæны хуыр-хуыр, Кæд хуыссы уæлгоммæ, Сыст æм, аиваз ын йæ хъуыр, Ма йæ ныууадз гомæй. Скъоладзаутæ нымдзæгъд кодтой. Æмдзæгьд кодтой Кæлинæ æмæ Стефæ дæр. Гасбар Борикы афарста: — Фæлæуу-ма, ибон кæй касти, уым дæр ын къæ- пийы хъæды кой нæ уыди? 231
Уыцы рæстæджы хуымы кæрæтты, чысыл раздæр æз æмæ Стефæ кæуылты æрцыдыстæм, ууылты цæхгæр фæ- зылди Сопо æмæ рог тъæпп-тъæпгæнгæ махырдæм рас- сæста. — Æнхъæлдæн — ратыдта та! — йæ бынатæй фестади Борик. Мæнæн мæ цæстытæ ацахстой Клавæ æмæ Зæли- гойы. Уыдон бадтысты иннæтæй чысыл иппæрдæй, се уæхсчытæ кæрæдзимæ бауагътой. Сæ цæстæнгас сæ дыу- уæйæн дæр уыди фæлмæст æмæ хъуыдыссæст. Сопойы фæзынд&й сæ цæстытæ зæхмæ ауагътой, се уæхсчытæ цыма кæрæдзимæ тынгдæр балхъывтой. Трактор æрлæууыд нæ тæккæ фарсмæ. Угъалыхъ йæ- хиуыл схæцыд, барæг æгъдæнцæйттыл куыд слæууа, афтæ. — Аслæнбег Астемыры фырт, иу лæг дæ агуры. — Чи у? — Æз æй нæ федтон. Джихаты Манах мын загъта. Тæразы цур лæууыдысты дыууæйæ æмæ тамако дымд- той. Манах-иу йæ мундштук арæхстгай райста æмæ-иу сигареты судзгæ кæроныл фæздæджы цыхцырæг рас- къæрдта. Иннæ, мæн чп агуырдта, уыцы лæг-иу дыууæ- æртæ пъæртты скодта йæ бапъироз, стæй-иу фæздæг йæ- хи бар ныууагъта, æмæ-иу уый дæр уæззау гуылфæнтæй цыди æддæмæ, хуыдон мидæгæй куыд схæца, æмæ йæ фæздæг гом дуарыл æддæмæ куыд кæла, уый хуызæн. — Уæдæ махмæ æндæр бригадир нæй скъоладзау- тæн. Сæ бригадир дæр ай у, сæ иу дæр, се ’ннæ дæр,— загъта Манах, сæ цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд. — Ис уæм, ис,— æнæмæтæй загъта лæг.— Куы нæ уæм уаид, уæд æй æз зонин. Ис уæм. Манах йæ къух йе ’рфгуыты сæрмæ систа, Бисолтан куыд фæкæны, афтæ æмæ лæгмæ бакаст. — Цы хуызæн лæг дæ, уымæн æппындæр ницы бæ- рæг и. Уæдæ ды махæй хуыздæр зоныс, цы нæм и æмæ цы нæй, уый?! Лæг йæ амонæн æнгуылдз йæ тамакойы чъылдыммæ 232
фæцарæзта, æмæ йæ цæхæр акалд, афтæмæй зилгæ-зил- гæ, сæрбихъуырæйттæгæнгæ атахт, нæ дæле цы стыр гуыффæджын машинæ лæууыд, уый бын амидæг. Фæз- дæг та лæмæгъ гуылфæнтæй, зивæггæнæгау, калд лæ- джы дзыхæй æмæ уæлæмæ цыд фындзы фæйнæ фæрсты. — Уæдæ мæм ай дзæгъæлы ’рбакодтат, ай мæн ни- цæмæн хъæуы. — Хуыздæртыл æмбæлд фæу,— загъта Манах. Уазæг йæ машинæмæ ныццыд, кабинкæйæ йæм йæхи чи радардта, уыцы лæгимæ аныхас кодта, стæй мердæм разылд, гуырысхогæнæджы каст мæм æрбакодта. — Рауай-ма ардæм. Æз æм ныццыдтæн. — Хъуыддаг цæй мидæг и, уый зоныс! — Цæй мидæг? — Мæн хъæуы картоф. Æз кусын цæттæгæнæгæй, фæлæ цæттæгæнджытæ алыхуызæттæ вæййынц, æз ахæм цæттæгæнæг дæн, æмæ мæнæ нæхимæ адæм куыд фæзæ- гъынц, уыйау иу къухæй раттын, иннæмæй райсын. Аф- тæ уарзын æз,—дзургæ-дзурын лæг йæ цæст æрцъынд кодта. «Кæмдæр æй федтон — фæзынди мæ сæры.— Кæй ас у, кæй ас!..» — Дæ размæ чи куыста, уый нал кусы уæдæ, нæ? Æмæ цы кодта, цæуылнæуал кусы? Ибон дæр ма афтæ куыд дзырдта...— цæй цы зæгъыс? Æз æм æнкъардæй кастæн. — Ныр кæдмæ лæудзынæ! — лæгæн йе стыр къух цыдæр уæгъдызмæлд скодта йæ цонджы хъулыл.— Ай мæ фыды машинæ нæу, нæ. — Æз дын æппындæр ницы æмбарын. Цы дзурыс, уымæн дæр ницы æмбарын, цы дæ хъæуы, уымæн дæр ницы æмбарын, чи дæ, уымæн дæр ницы æмбарын. — Картоф къахт уæм ис? — Ис. — Машинæйы дзаг уыдзæн? 233
— Уыдзæн. Лæг мын мæ дысмæ æрбавнæлдта. — Фæдзур сывæллæттæм. Авгæнæнт машинæйы дзаг. Æз дын де ’хца дæ къухмæ банымайдзынæн, æмæ ды — дæхицæн, æз — мæхицæн. Уæлæ дзы тæразы хицауæн ис- ты авæрдзынæ, æмæ ууыл ахицæн хъуыддаг. Никæй федтай, ницы федтай... Æваст фестадтæн уазæгуаты тыргъы. Р.адгæс сылгой- маджы хъæрмæ фæйнæрдыгæй згъорынц адæм. Уæртæ асинтыл æрдугъ кодта, чысыл раздæр йæ дыууæ стыр чумæданы дуæрттыл хойгæ чи æрбахаста, уыцы стыртæ- арæзт лæг. Иуварс мын ахæцыд мæ дысыл: «Никæй фед- тай, ницы федтай...» Æз цавддурау лæууыдтæн. Æмæ, кæддæр мæхæдæг цы федтон, уый мын цыма ныр исчи дзырдта, æмæ мын дзы исты куы аирвæза, уымæй тарстæн, уый хуызæн мæ сæр иуварс-акъул, мæ дзых базыхъхъыр. — Цыдæр фынæйæ гуырд дæ! Уый хуызæнæй дæ ацы куыстмæ чи æрæрвыста? — Лæг мæм комкоммæ æр- бакасти йæ налат цæстытæй. — Фæлæуу-ма, фæлæуу,— сабыргай райдыдтон æз,— горæты... — Горæттæ-йедтæ ныууадз дын зæгъын æз! — йæхи мыл схъулæттæ кодта. — Уазæгуат ма хъуыды кæныс?! — Уый дын уазæгуат æмæ хæрæджы дымæг! — Дæ чумæдантæ... Лæг фæстæмæ-фæстæмæ ацыд, йæ къух машинæйы дуарыл фæхæст, йæ чъылдым мæм фездæхта. — Скусын кæн! Ай уæртæ йæ фындз ныссæрфын дæр куы нæ зоны. Машинæ йæ бынатæй уыциу схуыст фæкодта æмæ уайтагъд лæнкауы фæаууон. Æз мæ бынаты лæугæ баззадтæн. Гыццыл фæстæ- дæр мæм йæхи аериста Джихаты Манах. Æнæдзургæйæ йæ мундштукимæ архайдта, цыдæр хус тихалæг дзы 234
атъысс-атъысс кодта. Минтæ нæ цурты æрбацæйуад дыууæ картофы бедраимæ. Йæ бедратæ æрæвæрдта. — Мах ын фарон дыууæ хатты сæвгæдтам. — Цы зæгъыс? — дзæбæх нæ бамбæрстон Минтæйы ныхæстæ. — Дыууæ хатты сæвгæдтам’ картоф ацы лæгæн. Фæ- лæуу, фæлæуу,— чызджы цæстытæ бацырд сты.— Дыууæ нæ фæлæ æртæ хатты. Иу хатт далæ уым, иннæ хатт... О, о, æртæ хатты. Манах мæм æрбакасти, йæ сæр сындæг банкъуыста уæле бынмæ. Чызг йæ бедратæ систа æмæ, йæ даргъ лыстæг зæнг- тæ æххæст нæ раст кодта, афтæмæй фæлмæн къахдзæф- тæгæнгæ станы раз бал^ууыд. Манах йæ мундштукы ныффу кодта, фæлæ, æвæццæ- гæн, мундштукы хъуыр æхгæд уыд æмæ дзы фу дзæбæх нæ цыд — йæ рустæ тыппырæй баззадысты. Мундштук райста йæ дзыхæй, тихалæг та дзы атъыста. — Уыдон дзы бирæ машинæтæ фæдæле кодтой,— йæ сæры фезмæлдæй кæдæмдæр ацамыдта Манах. — Чи?! — цæмæйдæр фæтарстæн æз. — Чи нæ, фæлæ, дæ размæ чи куыста, уый, æмæ мæ размæ чи куыста, уый. Мæ зæрдæ цыдæргъуызон сси, хур æм никуыцæйуал каст. Кæуын мæм æрцыд: ауæй-иу кодтой колхозы кар- тоф, æхца-иу сæ дзыппыты бафснайдтой, æмæ-иу сæ цæсгæмттæ сырх.дæр нæ баисты адæмы раз... — Уыдон ныууадз,— загъта Манах,— фæлæ цымæ Бисолтан иу авджыдзаг ницы ’рдавта? Кæс-ма, цы цыд- тытæ кæны. Уæле мæнæуы хуымы кæрæтты æрцæйцыди Бисол- тан. Иæ уæхскыл — къæпи, йæ къухы — лæдзæг, йæ сæ- рыл та — йæ райст-бавæрды уæлдзармхуд—сатæгсау къæбæлдзыг цармæй. Къæбицы къулмæ цы фæхс бандон уыд, уырдæм бахæццæ, æрбадти йыл, æхсызгон улæфт ныккодта. Стæй йæ худ систа, йæ къухтæ йын йæ мидæг 235
атъыста æмæ йæ тынг нытътъупп кæнын кодга дыууæ хатты фæд-фæдыл, йæ къæбæлдзыг лæгъз хъуынтæ йын адаудта йæ армæй, йæ сæры фахсыл æй æрсагъта. Бын- тондæр æндæр лæджы хуызæн уыд ацы худы Бисолтан. Манах æм бакасти, бахудызмæл, æвæццæгæн, йæ худ афтæ къул кæй ныккодта, ууыл. — Санаторимæ дæр уыцы худы ацыдтæ? — Уæдæ санаторимæ зæронд худы чи цæуы? — Гъе, Бисолтан, раст чи нæ зæгъа! Ныр уыцы са- наторийы æппын дæ къухтæ никæуыл æруагътай? Бисолтан йæ ком аивæзта, йæ цæсгом азылынтæ, ис- дуг йæ цæстытæ æппындæр нал разындысты. Æрæджиау загъта: — Ды, чи зоны, хъазгæ кæныс, фæлæ лæг хъуамæ йæ сæр сæрмæ -хæсса, санаторийы дæр, куывды дæр, чындз- æхсæвы дæр. Искуы лæппуйæ дæр афтæтæ чи кодта, уымæн йæ мыггаг аскъуийæд! Уартæ Хъобаны ГЭС куы арæзтой, æз уым дæр бакуыстон. Æмæ ма кæд уым нæ уыд чызджытæ... Уым ахæм чызджытæ уыди, æмæ йæ тымбыл къухæй ныццавтай,— ныппырх уыдаид. Фæлæ æз уым дæр никуы ацыдтæн искæй фæдыл. — Æппын Тъехоны æвæрд арахъхъæй иу авджыдзаг и? — ныхас иннæрдæм фæзылдта Манах. — Цæуылнæ, цæ? Авджыдзаг дæр дзы и, ну карк дæр дзы и, æртæ чъирийы дæр дзы и. Уæдæ уыйбæрц æнæмбаргæ дæн æмæ хъæуæй быдырмæ афтид къухæй æрцæуон? Нæ-æ... Мæнæ сæ фæстæдæр акувдзыстæм. Хур дæр фæкъул уыдзæн. Нырма уæддæр раджы у. Уæдмæ кæд Керым дæр искуыцæй зынид. Бисолтан æмæ Манах фæсабыр сты, æмæ та мæ ра- зы февзæрди æрдæбоны лæг, раст ыл цыма хæрхæмбæлд фæдæн. Йæ дыууæ дынджыр чумæданы-иу разæй, иу йæ фæстæ — дуæрттыл хафгæ æрбахаста. Стыр лæг, стыр цæсгом, æнæдаст рустæ. Æвæццæгæн, йæ чумæданты уæлдзарм худаг уæрыкдзæрмттæ уыдаид, къуымбил кæлмæрзæнтæ. Далæ сæ Астæуыккаг Азийæ кæцæйдæр 236
ласынц. Фæстæмæ та картоф аласынмæ хъавыд. Картоф нырма — стæм, йæ аргъ—бирæ... Ныр машинæ куы уаид, уæд æй фæсте асур æмæ йæ æрцахсын кæн. Æмæ йæ æр- цахсиккой? Куыд æй фæзылын кæниккой?.. Стæй йын æлхæд дæр мачи уа фæндæгтыл лæуджытæй, уый дæр кæй бауырндзæни? Уæд та Керым куы фæз’ынид искуыцæй, уымæн уæд- дæр радзурин хабар. Æниу ма йын Керым дæр цы са- раздзæн? Нæ фæлæ фæндæгтыл фылдæр чи фæцæуы, уый сын се ’рцæвæнтæ цæуылнæуал фенкъары? Хъуыддаг хъуа- мæ бынтон иннæрдæм уаид. Бынтон иннæрдæм уымæн, æмæ ^фæндæгтыл бирæ чи фæцыд, уый фылдæр фæхъыг дардтой уыцы æрцæвæнтæ, йæ авналæнтæ йын йæхи бар нæ уагътой, къуылымпы йын кодтой йæ акъахдзæф. Уый нæ — æруагъта йæ къухтæ, йæхицæн сбадти æнцад-æн- цойæ, цыма уыцы æрцæвæнтæн сæ кой дæр нæй, афтæ. Иухатт Керымимæ ныхас кодтам Луарсабы тыххæй. Быдыры кусын куы райдыдтон, уæд мæм бынтон худæг касти Луарсаб. Мæнмæ гæсгæ, агроном хъуамæ бынтон- дæр афтæ ма кодтаид, стæй хъуамæ бынтондæр æндæр- гъуызон лæг уыдаид. Керым мæм æнцад фехъуыста, чы- сыл æрæнкъард и. — Ды раст зæгъыс,— куыд æнцад хъуыста, афтæ æнцад райдыдта дзурын дæр.— Ныртæккæ Луарсабмæ алырдыгæй дæр куы æрбакæсæм, уæд, кæй зæгъыи æй хъæуы, агроном нæу. Кæнæ хистæр бригадир, кæнæ кол- хозы бæрнджын быдыры, кæнæ æидæр исты ахæм... Æз æй æмбарын — Луарсаб хъуамæ кæнид фæлварæнтæ, хъуамæ зонид, кæцы зæххыл цы байтауын хъæуы, цавæр мыггаг дзы байтауын хъæуы, цас дзы байтауын хъæуы. Æмæ хъуамæ макуы фæрæдиид. Бæргæ хъуамæ афтæ уаид. Фæлæ кæм и, Луарсабы кæмæй раивæм, уыцы хорз агроном? Нæй. — Уæлæ институт...— мæ цæстытæ фæдзагъыр кодтон Керыммæ, худæг мæм кастысты йæ ныхæстæ. 237
— Институт хорз хъуыддаг у, бæргæ. Мæнæ нын за- водæй, зæгъæм, мæнæусыгъдæггæнæн æрæрвыстой æмæ, йемæ ис гæххæтт, исты хъуаг, дам, куы уа, уæд æй фæс- тæмæ рарвитут, æмæ уын æндæр арвитдзыстæм. Фæс- тæмæ æрвитæггаг ын цы ’хца хъæуы, уый дæр завод фи- ды йæхæдæг. Институт та афтæ нæ кæны. Исты хъуаг куы разына дæ агроном, уæд дын йæ бæсты æндæр, ал- цæмæй æххæст чи у, ахæм агроном нæ дæттьь., Луарсаб- мæ дæр ис хорздзинæдтæ. Давгæ нæ кæны колхозы ис- бон, риссы йыл, ауды йыл. Мæнæ уын картофтæ фыцын дæр куы нæ фæуадзы... Фæлæ уæддæр не сразы дæн æз Керымы ныхæстыл... «Бирæ фæцыди фæндæгтыл, сахуыр и уыцы-æрцæвæн- тыл,— хъуыды кодтон æз,— фæкъуырма сæм и, нал сæ уыны, нал сæ æнкъары...» — Мæнæ, дам, адон цæугæ кæнынц,— мердæм аца- мыдта Бисолтан.— Æмæ уæд уынгæджы фæдæн. Адон ма-иу бахъæлдзæг кодтой лæджы. — Æрцæудзысты та,—Манах цыма цæуын ахуыр кодта — иу-цалдæр хатты йæ цæф къах систа æмæ та-иу æй арæхстгай фæстæмæ зæхмæ æруагъта.—Тæрсгæ кæ- ныс, Бисолтан? — Тæрсгæ кæнын, йед кæнын! — бахъуыр-хъуыр код- та Бисолтан, стæй Манахмæ фездæхт.— Зын у иунæгæй> зын! — Æмæ дын æз мæлгæ акодтон? — Ды мæлгæ ма акæн, дæ бинонты фæндиаг цæр, фæлæ ды дæр куы ам вæййыс, куы уæлæма^ ацæуыс... — Дзæгъæлы уæлæмæ-дæлæмæ дзы нал и. Ныр джи- търи райдайдзысты тонын, хъæдындз ласдзысты, картоф ласдзысты. Хæрынмæ дæр ма мæ кæд равдæла. Манах йæхи базмæлын кодта, йæ цæф къах та систа æмæ та йæ фæстæмæ уæззаугай æруагъта. ’— Æнæуый дын æххуыс исты фæци? — Сæ дохтырты сæрдар чи у, мæнæ махæн Керым куыд у, афтæ, хуыцау ын йæ цæрæнбон бирæ фæкæнæд— 238
дзæбæх лæг, дзæбæх, сау кæсæнтæ дардта. Цæуынмæ куы хъавыдтЬе^, уæд мæм фæсидти æмæ мын афтæ зæ- гъы, мæнæй уьгй, дам, абонæй банымай, æмæ раст дæ мæй куы сæххæсКуа, гъеуæд райдайдзынæ хуыздæр кæ- нын, гъе.—Бисолтан йæ иу къах йе ’ннæ къахыл сæ- вæрдта, уæззау ныуулæфыд.—Ныр сымах ай хуызæн кус- гæ рæстæджы хъæумæ цæмæн хаут? — мердæм раздæх- та йæ цæсгом. — Хъæуы нæ уыдзысты, уалæ сæ Цъæймæ æрвитынц улæфынмæ, уырдыгæй куы æрыздæхой, уæд экскурсийы цæудзысты, стæй хос кæрддзысты, стæй...— мæн дзурын нæ бауагъта Манах æмæ дзы фæткуыл бузныг фæдæн! — Æмæ Цъæймæ кæдæм цæуынц? Кæд цæуынц, уæд уæртæ Тæмискъмæ бацæуæнт къæсæрæй дуармæ-, æмæ уа! — Æмæ сын афтæ цæугæ нæу, нæ. Æхца сын уыр- дæм бафыста. — Чи? — Чи, куы зæгъай, уæд — Керым. — Æмæ æмбаргæ лæг куы у, уæд кæм Цъæй æмæ кæм Тæмискъ?!. 19 Æз хидыл фæцæйцыдтæн. Æмæ хиды хуызæн хид уы- ди! Дыууæ хъæлы авæрдæуыд донæн йæ иу былæй иннæ былмæ... Мæ къæхты бын тасыдысты æмæ-иу уыцы тас- тæй сызмæлыдысты кæрæй-кæронмæ æмæ-иу мæ хæрд- мæ æппарын байдыдтой. Æз-иу æрлæууыдтæн æмæ-иу "æнхъæлмæ’кастæн, цалынмæ фæсабыр сты, уæдмæ, стæй та-иу арæхстгай райдыдтон цæуын. Мæхимидæг тыхс- тæн: ныр кæд уыдзæн, кæд хъуамæ фæхæццæ уон афтæ- мæй фаллаг фарсмæ? Æрмæст цалдæр къахдзæфы акæн, æмæ та хъæдтæ — уыцы рæхснæг, уыцы æнæарх хъæдтæ, кæрæй-кæронмæ сыл иу къалиуы фæд дæр нæ зыны — 239
хæрдмæ хауын райдайынц, æмæ сыл афтæшей бафæл- вар ацæуын! / Хидæн йе ’рдæгмæ дæр нæма бахæццæ дæн, афтæ ауыдтон: фаллаг фарсæй дæр чидæр рар(аст и хидыл. Æз æрлæууыдтæн, уый цæуы. Хъæдтæ /змæлынц, дзортт- дзортт кæнынц, фæлæ уый цæуы æмæ цæуы. «Фæстæмæ аздæхон, — хъуыды кæнын æз,—æндæр мæм куы æр- бахæццæ уа, уæд цы ми кæндзыстæм? Мæ фæрсты ахи- зæн нæй. Уæдæ мæ сæрты дæр куыд ахиздзæн? Фæлæ фæстæмæ дæр куыд аздæхон? Мæ къæхтæ хъæдтыл куыд аивон? Нæ фæбырдзынæн, нæ ахаудзынæн. Цы ми ма бакæнон?».,. Уый цæуы æмæ цæуы. Æрбахæстæг мæм и. Уынын ын райдыдтон йæ юпкæ, йæ кофтæ, йæ дзыккуты хуыз мæнæуы хъæмпы хуызæн бур-бурид æмæ цыдæр æхсыз- гон ирд. Уæгъдкалд, уæнтыдзаг. Уæнты дæр дзæбæх нæ цæуынц... Иæ кофтæйыл дидинджытæ. Æнахуыр рæ- сугъд дидинджытæ. Кæддæр ма федтон ахæм дидинджы- тæ, фæлæ кæд,-раджы æви æрæджы? Куыд æхсызгон мын у уыдонмæ кæсын! Нæ урс сты, нæ сырх, фæлæ ур- сæй дæр рæсугъддæр сты æмæ сырхæй дæр. Гыццыл чъиматæ. Сывæллоны къухы чи бацæуа, ахæм чъиматæ. Æвиппайды цыдæр æрбаци. — Стефæ!—бæндæныл цæуæгау мæ цæнгтæ фæйнæр- дæм айтыгътон. Кæсын уырдыгмæ, кæсын размæ, нæй — цыдæр фæци. — Стефæ! — Аслæнбег Астемыры фырт,— хъуысы мæм сылгой- маджы хъæлæс. — Стефæ, кæм дæ?! — Аслæнбег!.. — Кæм дæ?! — Мæнæ дæн... Клавæ дæн... Дуне ныссæх-сæх кодта мæ хъусты. Тæрккъæвда куыд ныс,сæх-сæх кæны, афтæ, стæй æвиппайды фескъуыди уы- цы сæх-сæх, æмæ бæстæ æдзæмæй аззади. 240
Рабадта^н. Мæ уæлхъус, йæ уæнгтыл кæйдæр халат уæгъдæппæр^г, йæ дыууæ къухæй тæрттыл хæцыд æмæ сæ йæ дæллагХъуыр æнгом æрбалхъывта, афтæмæй лæу- уыди Клавæ. \ — Стефания Родионы чызг...— хъуысы Клавæйы ны- хас.— Абон фæссихор куы ацыдысты. Æрæджиау ракастæн мæ цæстæй. Æдде уыд мæйрухс æмæ нæ дыууæ рудзыыгæй мидæмæ бырста. Афтæ зынди, цыма уыцы ран хатæщы къулы дыууæ рудзынджы нæй, фæлæ дзы дыууæ файкусты фæрсæй-фæрстæм снывæс- той сæ тынгæрзтæ æмæ уафынц, кæй нæма фенди, ахæм тæбынтæй урс-уреид тынтæ, æмæ уыцы тæбынтæ æппа- рынц сæ алфамбылай дыдзы рухс, бæзджын рухс, фæл- мæн рухс, хъарм рухс... — Тынг хъæр кодтон? — Тынг... Афтæ тынг нæ... — Ды мæ хъæрмæ райхъал дæ? — Нæ. Æз фынæй нæ уыдтæн. — Бахъыг дæ дардтон. Цу, бафынæй кæн. — Хæрзæхсæв. — Мгъы-мгъы, хæрзæхсæв. Чызг ацыди сæхи хатæнмæ, æз бадгæ баззадтæн. Цы чындæуа? Фæстæмæ æрхуыссынмæ хъавыдтæн, фæлæ та, миййаг, уыцы фын фæстæмæ куы раздæха, æмæ та хъæр кæнын куы райдайон. Мæ гæрзтæ акодтон, цырыхъхъыты гом къæхтæ æртъыстон-. Æддæмæ куы рахызтæн, уæд мæ æвиппайды æрбайрох, мидæгæй цы уыди, уый—афтæ мæм фæкасти, цыма æхсæв нæу, фæлæ у бон, æмæ скъо- ладзаутæ сихоры улæфт кæнынц. Мæй уыди йæ цалхы- дзаг, бæрæг фæкъул и арвы астæуæй — нæ рудзгуытæй дæр уæд æрбакæсы,—йæ мидбынат цыма зилгæ кодта. Мæймæ бирæ фæкастæн, уыдтон, мæпрухс куыд ивылди уæлдæфы, æмæ мæ фæйнæфæрсты, мæ къæхты быи куыд фемæхсти, уый. Мæ дыууæ хъусы фæйнæрдыгæй гуыв- гуывгæнгæ калд фынæй быдыры сабыр æмæ кæмдæр ми- 16 Хурвæндаг 241
дæгæй иу кодта, дыууæ хæххон доны хохы сап#мы куыд баиу вæййынц, афтæ. Хъæлдзæг уыдысты арв дæр æмæ зæхх дæр, фæлæ мæм уæддæр афтæ касти^ цыма æхсæ- вæн йæ хуыздæртæ нырма фæсте сты, /мæ мын уыцы хъуыды рухс кодта мæ зæрдæ... / Къулы фарсмæ цы хъæдын асин с/рæзтам,— дыууæр- дыгæй дæр ын дæргъæй-дæргъмæ /хæцæнтæ — ууылты сындæггай ссыдтæн æмæ хордоны Дæлбазыр Бисолтаны хыссæны рæзты бацыдтæн. Бакастæн æм. Уæргæ йæ худ йæ сæрмæ зæгæлыл ауыгъд, йæ’ къандзол, цыфæнды тæвд бой дæр йæ уæлæ чи вæййы, уый хъæццулы æдде йæ уæрджытыл æмбæрзт. Мидæмæ дæргъæй-дæргъмæ улæфт скæны. Алы улæфтæн ’дæр дыууæ-æртæ хатты фæлæууы, æмæ алы фæлæудæн дæр ^афтæ фæкæсы: ми- дæмæ улæфт фæци, ныртæккæ фæстæмæ раулæфдзæни. Фæлæ нæй, уайтагъд уæлдæр ахæцы, улæфт йæ тæккæ кæронмæ куы схæццæ вæййы, уæд чысыл, афтæ иу уыс- мы бæрц фенцайы, федзæм вæййы, стæй былтæ иуырдæм фæпуси вæййынц æмæ фæпыффытт кæны уæлдæф. Æмæ та ногæй ахæцы уæлæмæ хуыр-хуыргæнгæ... Бисол^аи санаторийы куы уыд, уæд-иу Эльбрус хуыс- сыди йæ бынаты, цалынмæ тракторы бын нæ фæци, уæд- мæ. Ныр æй хъуамæ тагъд рафыссой рынчындонæй. Би- солтан æй бирæ уарзы, куыддæр æрцыд, афтæ мæм фæ- дзырдта: — Цы йæм рауади, уыцы лæппумæ? Гъе-гъе, бæгуы сæрæн лæппуйы каст нæ кæны! Æз ын æй рахабар кодтон. Уый мæм, йæ арм йе ’рфгуыты сæрмæ сæвæрдта, аф- тæмæй æдзынæг касти йе ’нкъард цæстытæй. Стчæй йæ амонæн æнгуылдзыл фæстæмæ ахæцыд, афтæмæй къух уæлæмæ систа — амонæн æнгуылдз бынтон раст кæнын нæ бакуымдта æмæ къæдзæй баззади гæнкæрдæн æхсыр- фы хуызæн, æмæ ныронг куыд дзырдта, уымæй хъæрдæ- рæй загъта: — Æрцардта йæ, æрцардта! 242
\ ■ • Æз æм ба*астæн:'чи йæ æрцардта, куыд æй æрцард- та?' \ — Сопо кæй уь1ди, уый йæ æрцардта,— ноджы хъæр- дæрæй загъта Бис^лтан.— Уæдæ иннæ трактортæй исчи куы уыдаид, уæд йв знаджы уд нæ хаудта?! Æмæ лæп- пу дæр лæппуйы хуызæн! Иу каст ма бакод\он Бисолтанмæ æмæ уæзæгыл уæ- лæмæ азылдтæн тæрæзтырдæм. Нæ фынджы фæрсты ссыдтæн, æрлæууыдтæц йæ нывæрзæн. Мæ цæст æрхæ- цыди, далæ горæты фæйдагыл цы бæлæстæ и, уыдоныл. Бæрзонд схæцыдысты бæлæстæ сæхиуыл æмæ быдыр- гæстау фæйнæрдæм фæлгæсынц, куы та кæрæдзимæ хæс- тæгдæр балæууынц æмæ иу рæгъыл станырдæм æрба- цæйцæуынц... Стæй та мæм афтæ фæкаст, цыма быдырæн бæрæг- æхсæв у, стырæхсæв, æмæ афтæ рухс дæр уымæн у. Мæ- нæ ма хохаг хæдзармæ уазджытæ æрцæуинаг куы вæй- йы, уæд уым дæр рухсытæ афтæ ссудзынц. Фæлæ быдырмæ уазджытæ æрцæуинаг нæй ахсæв — уый æз хорз зонын. Уый нæ, фæлæ ма йæхи уазджытæ дæр аивгъуыдтой абон фæссихор. Ацыдысты Стефæ æмæ Кæлинæ. Цæуинаг та нæ уыдысты, хъуамæ ахсæв ам баззадаиккой, сæ машинæ дæр ауагътой. Далæ горæ- ты фæндагмæ къахæй цæуинаг фесты, æз дæр семæ ацыдтæн, лæппутæ æмæ чызджытæй дæр бирæ ацыд се- мæ. Диссаг: кæд нæ цæрынц иу хæдзары, цæугæ дæр уымæн иумæ æрбакодтой... Ныр куыд цæрдзынæн? Ны- ронг афтæ уыди: бирæ-иу фæцыдтæн, мæ хъуыдыты, мæ фæндты æмæ-иу æрхæццæ дæн Стефæмæ. Ныр кæд Сте- фæмæ нал цæудзынæн, мæ алы ацыды, мæ алы ахъуы- дыйы фæстæ дæр кæд Стефæ нал уыдзæн, уæд ма цæуыл у мæ хъуыды, цæмæн ма мæ хъæуы цæуыны сæр?.. Æвйппайды мæ мидбынаты фæлæууыдтæн: мæ тæк- кæ раз халамæрзæн, абон Стефæнмæ кæй цуры лæууы- дыстæм, уыцы халамæрзæн. Йæ рæтæнагъд ныццæхгæр- мæ мæ къæхтыбын. Гыццыл алæууыдтæн æнæзмæлгæ, 243
стæй схызтæн халамæрзæнмæ, æрбадтæгС ссивæг кæм фæбады, уыцы ран. Ныууынæргъыдтак; цыдæрхуызон фæллад лæджы уынæргъд. Бисолтан>доер ма афтæ ныу- уынæргъы хаттæй-хатт. Фæлæ ардæм æрцæуон, уыцы хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр куы нæ уыд, уæд куыд æрбафтыдтæн. Кæуылты æрбацыжæн, цы мæ æрхаста? Стæй та мæ разы февзæрди Бисолтан. Иæ бухархуд йæ сæры фахсыл хъал лæджы сагъд æркодта. Бады хордо- ны раз. Æдэынæг кæсы Стефæ/æмæ Кæлинæмæ. Æрæ- джиау мæм мæ номæй фæдзырДта. — Чи дын сты адон? — Ахуыргæнджытæ сты.—Кæлинæ ахуыргæнæг кæм у, фæлæ мæм дардыл дзурын нæ цыд. — Ахуыргæнджытæ, зæгъыс? — самангæрдæны цалх уæгъд-зылд куыд æркæна, афтæ уæгъдфарст бакодта Бисолтан, æндæр мын мæ ныхас хорз бамбæрста. — О. Уыцы рæстæджы Стефæ Кæлинæйæ фæхицæн æмæ иу-цалдæр скъоладзауимæ махмæ хæстæг æрбауад. Би- солтан къухаууонæй йæ фæдыл æдзынæг каст, йæ цæс- тыты цыдæр тас йæхи бæрæг æвдыста. — Гъо-гъо-гъо, бæгуы сылгоймаг нæу, нæ! — Стæй йæ цæстæнгас мердæм разылдта.— Иæ тæккæ чындздзо- ныл у, йæ тæккæ! Æз ницы загътон. Бисолтан дæр чысыл фæлæууыд. Уæдмæ Стефæ чызджытæй кæйдæрты къухтыл хæцгæйæ, станы дæллагфарс нæ хихсæнтæ кæм уыдысты, уыцыр- дæм ныддугъ кодта. — Ирон кæм уыдзæни? — бафарста та мæ Бисол- тан.— Нæ уыдзæн, нæ. — Нæу. — Æз дын нæ загътон? — Бисолтан чысыл цæуыл- дæр- фæкъуыхцы, фæлæ мæм уайтагъд йе ’ргом разылд- та, йæ цæстытæ мыл фæхъулон кодта, раст цыма, цы ’рцыд, уый мæ аххосæй æрцыди.— Æниу ын ныр йе ’взаг чи зоны, уымæн та цы уæлдай ^у? — уырыссаг у, тæтæй- 244
раг, у, сомпхЪг у! Бæззæд æмæ кæмæй фæнды уæд! — Стæй ма йæхицеен уайдзæфгæнæгау загъта. — Æз дæр дзы лæгæй базæрКнд дæн. Бирæ нæ, фæлæ дыууæ хъуыр- рытты ма базон уыршссагау... Худæджы лæг у ады Бисолтан дæр!.. Æвиппайды мæ фындзыл ауади дзыккуты тæф — æх- сызгон тæф. Зæрдæцыцæлгæнæн тæф... Стæй мæ уадулты хъæбæрыл æрбанцади^йæ фидар риу, мæ ныхыл аззади йæ хъарм былты уымæл. «Дæ бирæ дзæбæхты тыххæй. Зын мын куы уыди, уæд-иу мæм æнæзивæгæй кæй æр- цыдтæ, уый тыххæй...» Быдыры кæрон æрбацъæх. Æмæ уыцы цъæх хæццæ кæнын райдыдта мæйрухсимæ. Мæйрухсæн йæ фæлурс сæфти — быдырыл уыцы урс-урсид æгæндæгæй чи фе- мæхсти — фæлæ йæхæдæг кодта фидардæр, удджындæр. Уæззау змæлыд йæхимидæг нæ хуым денджызау, æх- хæст сызмæлын чи нæма сфæрæзта, йæ уæззау уылæнтæ былмæ кæмæн нæма рахæццæ сты, ахæм денджызау. Æз æрхызтæн халамæрзæнæй æмæ хуымы кæрæтты араст дæн станырдæм. Цыма æгæр стыр къахдзæфтæ кодтон, æмæ мæ цыд Луарсабы цыды хуызæн уыди, аф- тæ мæм касти. Чысыл куы суадтæн, уæд цæхгæр фæ- зылдтæн æмæ хуым-хуым ацыдтæн. Ам афтæ тагъд цæ- уæн нæ уыди — æвзартæ, сæ даргъ сыфтæй цæнгтау кæрæдзимæ æвнæлдтой, кæрæдзийы сгæрстой, кæрæдзи- йыл узæлдысты, æмæ уыцы цъæх-цъæхид сыфтæй—сæу- мæрайсомы цъæхæй, цы цъæх сты, уымæй поджы цъæх- дæр чн зыны — кæрæдзийыл хæцгæйæ чепена кафæг лæгтау цин æмæ тавицы змæлд кодтой... Сыфтыл-иу, куыд нæ сæ бахъыг дарон, афтæ фæй- нæрдæм ахæцыдтæн, афтæмæй цыдтæн се ’хсæнты. Се ’ртæх калди мæ цæнгтыл, æмæ уайтагъд мæ дыстæ æру- мæл сты. Цыдтæн æмæ дзырдтон мæхицæн, цыма мæхи- цæн нæ — мæ хъæрмуд æмбалæн дзырдтон, мæ фæндыл уæлдай чи нæ зæгъдзæн, уыцы æмбалæн: «Æмæ дын уæд цымæ ныр нæу зын? Æви та дæм ныр дæр æрцыд- 245
/ ’ тæн? Кæд, миййаг, æрмæст ам нæ дæн,/рæлæ уым дæр дæн... Кæд мæхи агурын? Мæхи та айтæмæй нал ссар- дзынæн. Цалынмæ дæу ссарон, уæдше мын нал и мæхи ссарæн. Дæу æмæ Алинæйы. Уымæ/æмæ ды æрмæст ды нæ дæ, ды дæ ды æмæ Алинæ...» 1 20 / Хур сызгъæрин æхцайау зилгæ-зилгæ æрцæйхæццæ- кодта рагъмæ. Хатт-йу ауындзæгæй аззад, цыма дзы, кæуылты йæ ныххизын хъуыд, уый рох баци, стæй та-иу сзылди æмæ та-иу йæхи сындæг-сындæг æрцæйхаста дæ- лæмæ... Æз бадтæн халагъуды раз хосы тъыфылыл æмæ кас- тæн лæппутæм: уыдон уартæ обауы рæбын адаргъ сты кæрæдзийы фæдыл æмæ кæрдынц. Сæ цæвджытæ хæрд- мæ куы фелвасынц, уæд сæ хуры тынтæ ацахсынц, æмæ,. ток кæм цæуы, ахæм тел æндæр æфсæйнагыл куы аны- дзæвы, æмæ уый куыд ныццæхæр калы, афтæ цæвджы- ты ферттывд уæлдæфы дæргъæй-дæргъмæ ауындзæгæй аззайы... Ныр иу къуырийы бæрц стæм ам. Кæрдæм хос. Амай- гæ дæр скодтам иу-цалдæр мæкъуылы, æмæ сфидыдта нæ хосгæрст. Хосгæрст мæкъуылтæй фидауы, ай-гъай. Чызджытæ нæм райсомæй æрбацæуынц æмæ изæрæй ацæуынц, лæппутæ æхсæвæй-бонæй — ам. Райсом, куыд- дæр бон æрбацъæх вæййы, афтæ райдайæм кæрдын. Изæры дæр — кæрдгæ. Уæвгæ алыхатт иухуызон нæ вæййы. Знон куыддæр фестадыстæм, афтæ нæ ссивын бахъуыд, кæннод æгæр хус кодта нæ карст, æмæ холлаг æгæр куы фæхус уа, уæд амайпæ-амайын йæ сыф ныз- гъæлы, стæй хус хос зын амайæн у æнæуи дæр. Уыцы дзаебæх уымæлæй йæ æрыссывтам, æрхуытæ йæ кодтам, æмæ куыддæр чызджытæ æрбахæццæ сты, афтæ дзы авд мæкъуылы самадтам. Кæрдынц лæппутæ. Зæрдæ рухс кæны сæ хъæлдзæг 246
февнæлдæйуæмæ мæ æрфæнды — хæстæгдæр сæм куы уаин, се ’мисКкуы скæнин мæ цæвæг, се ’мсæрфт æй куы ракæнин... Дзаебæх хæлиу æрлæуу, дард фæхæсс дæ цæ- вæг, рахиз къухæй йын йæ гуырцъ зæхмæ фелхънв, га- лиуæй дзæбæх рариуыгъ — кæрдæг баст куырисау дæ уи- сы сæр абаддзæн. ^ Ацы изæр нæ аць\ртæн лæппутимæ. Кæд мыл мæ фæллад æртæфсти. Уа^цгты фæллад нæ — уды фæллад. Мæйы размæ горæтæй куы æрбаздæхтæн, уæд мæм афтæ касти, цыма цин æмæ рухс никуал бавзардзынæн. Афтæ мæм касти, цыма уыцы æртæ боны тыхкъуырд ныччынди цуркау мæ царды мидæг æмæ йæ дыууæ хайыл афастой. Мæ царды хуызæн дуууæ хайыл фæхицæн дæн мæхæдæг дæр, æмæ ныр уыцы дыууæ хайы кæрæдзимæ ницыуал бар дарынц, æцæгæлон чи у, ахæм дыууæ адæймагау. Афтæ мæм касти, цыма мæ царды сыгъдæг æмæ рæсугъ- дæй цы уыди, уыдон аззадысты иннæ хаимæ. Æз мæ- химæ кастæн уымæн, уыцы инкæ хапæ, хистæр æмæ фæлладдæр æмæ йæм хæлæг кодтон... Абон райсомæй куыддæр сыстадыстæм, афтæ дыууæ бæхджыны нæ уæлхъус æрбалæууыди. Сæ иу — райкомы секретарь Созыр. Иннæйы никуы федтон. Æрхызтысты, æрбадтысты, халагъуды раз цы хосы тулатæ уыд, уыдо- нæй иуыл. Созыр — тынг фæлладхуыз, цыма йын йæ кæсæнцæстыты дæр хуыссæг ахста, уыйау-иу дæлæмæ- дæлæмæ æрцæйбырыдысты йæ фындзы рагъыл, æмæ та- иу сын йæ лыстæггомау амонæн æнгуылдз сæ астæумæ ф’æбыцæу кодта. Уалæ, дам, уыцы хохы фæстæ кæмдæр нæ хуыскъаг хъом хизынц, уырдæм, дам, цыдыстæм æмæ, дам, фæндаг нæ базыдтам.. Дысон æдде уыдысты. Кæмдæр мæкъуылы абырыдысты. — Кæй хуыскъаг хъом? — Нæ колхозы,— дзуры йе ’мбал. Йæхи цыма дзу- рын уа ’хсызгон нæ фæнды Созырæн. Хосыл йæхи ауагъ- та, йæ сынæг мæм сыздæхта. йе ’мбал афтæ тынг нæ бафæллад, æвæццæгæн/ 247
— Кæй колхозы? / — Советты тырысайы номыл колхозы. / Исдуг нæ ничиуал ницы сдзырдта. Ст^би та йæм мæ цæстæнгас аздæхтон. / — Ды дзы цæмæй кусыс? / — Зоотехникæй. / — Æмæ уæдæ?.. / — Нырма дзы къуырийы йедтæмæ нæ кусын. Æз дæр къуыри, ме ’мбал дæр. Уый нæ парторг у. Созыр йе ’ннæ фарсыл æрфæлдæхт, мердæм æрба- каст. Дзуры мæм: — Никуы уыдтæ уыцырдыгæй? Кæуылты бацæуын хъæуы комы? — Æмæ парторгæй кусыс? — тынг зæрдæбынæй йæ бафарстон æз. ’ — Ацы лæппутæй мачи зона фæндаг, уый мæ нæ уырны. Фæдзур-ма сæм, афæрс-ма сæ. — Райкомы та... чи кусы, дæ бынаты? Созыр рабадт, йæ ком аивæзта, йæ сæр ныттылдта. — Кæд нæ фæрынчынтæ уæм, уæд хорз. Фæлæ нæ зонын... Мæн та, исчи фæрынчын уыдзæн æви нæ, уый мæт нæ уыди. Мæн фæндыди райкомы хабæрттæ зонын æмæ сцыбæл дæн, сывæллонæн аргъау куыд кæнай æмæ, йæ тæккæ дзæбæхы куы æрлæууай,.уæд уый куыд сцыбæл вæййы, афтæ. — Уæдæ райкомы нал вæййыс? Дзыхъхъынног хъыддаг... Мæнмæ мæ зæрдæ афтæ дзырдта,— цæмæн, уый нæ зонын — цыма Созыры бынаты Гæстæны сæвæрдтаик- кой, фæндгæ дæр мæ афтæ кодта. Фæлæ йæ куыд базо- нон? Цы хуызæн лæг у ацы Созыр, цы? Уæдæй нырмæ йæ фæрсын — нырма мын адæмы ’гъдауыл дзуапп нæ ратта. Цыма мæ хъусгæ дæр нæ фæкæны. Ацы хатт ма мæм( ма æрдарæд йæ хъус, æз æй дыккаг хатт дæр ба- фæрсдзыпæн, æртыккаг хатт дæр... 248
— Æндæр дзы ницы ног хабар и? — Кæм? — уыцы тагъд мæ афарста, æмæ йæм мæ- зæрдæ фæфæлмæн. — Райкомы, Искæй ма дзы аивтой, кæнæ йæм искæй æрбаивтой? — Цы бафтыдтæ уыцы райкомыл, цы?! Æз афтæ зæ- гъын: сæрвæтмæ нæ цæуын хъæуы, æнæхъæн мин сту- ры нын дзы ис, æмæ сæ фенын хъæуы, басгарын сæ хъæуы. Ай та райком. Райком!..— Созырæн йæ уæллаг был уæгъдызмæлд скодта, айразмæ йын быдыры куыд сызмæлыд, афтæ. Фестади, йæ кæсæнцæстытыл уæлиау схæцыд, суанг фындзы рæбынмæ.— Райком... Кæд фæн- даг зоныс, уæд æй зæгъ, кæннод дæ дзыхыл хæц!.. — Гъеныр иухатт быдыры дæр афтæтæ кодтай, гъе! — Куыдтæ кодтон быдыры та? — Уæдæ дæ ныр цал хъуыддагæй бафарстон æмæ мын дзы иуæн дæр дзуапп нæ раттай. — Дæ фæрстыты мæтæй мæлын! — Уыныс?! Нæ мæлыс. Афтæмæй та хъуамæ мæлис мæ фæрстыты мæтæй дæр æмæ мæ дзуаппыты мæтæй дæр, кæд дæ партион куыст кæнын фæнды, уæд. Созыр цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Борик нæ цуры æрлæууыд. — Бæх мæ куы уаид, уæд уæ фæуæле кæнин. — Зоныс фæндаг? — афарстон æй æз. — Куыд нæ йæ зонын? Фарон давон къахынмæ куы уыдыстæм, уæд-иу æхсæвиуат уыдоны цæрæнуаты куы кодтам. — Кæй цæрæнуаты? — Адон хъомгæсты. — Æмæ дыл афонмæ дзых нæ уыди? Марадз, искæй фæсарц нæ абад,— бæхтæм йæ къух адардта Созыр... — Фæсарц бадын дæр хорз у. Фæлæ дзы абон куы ницы рауайа, уымæй тæрсын. Уымæн тæрсын æмæ уьшы хæрды бæх дыууæ нæ фæлæ иуы дæр тыххæй фæразы. — Уæдæ куыд? 249
— Куыд, уый дæр дын зæгъдзынæн. *Уæ иу цеыæ ра- цæуæд, æмæ йын фæндаг бацамондзынæн. Стæй раз- дæхдзыстæм, æмæ аца^удзыстут. — Ныр фалæмæ, стæй фæстæмæ, стæй та ногæй фа- лæмæ, афтæмæй та æхсæвæддæ нæ баззайдзыстæм? — Хуыздæр гæнæн нæй. Аходæнафон’æрыздæхтысты Борик æмæ Созыр. Со- зырæн йе ’мбал уæдмæ хосыл фæхуыссыд. Уыдон куыд- дæр ацыдысты, афтæ хъæуæй æрбахæццæ Керым. Уый мын радзырдта хъуыддаг: æцæгдæр, пленумы Созыры •бынатмæ равзæрстой Га^стæны. — Гъеныр ма йыл иу хæст хъæуы, æмæ йыл уырды- гæй рахæцын æнцондæр у: ыæ дыл схъæлæс кодтой кол- хозы коммунисттæ æмæ фæци.— Керымы мидбылты цы- дæр хин амбæхст, йæ худ систа, йæ фарсмæ йæ хосыл æрæвæрдта. Фæлæ бадын бирæ нæ бафæрæзта: тынг фæ- цыдысты йæ зæрдæмæ н.æ куыстытæ. Æрзылди мæ- къуылтыл, йæ цонг-иу сæ атъыста йæ тæкка* рæбынмæ, иу бындзыг-иу дзы раласта, æркаст-иу æм, йæ уырз- тæй-иу æй æрысгæрста. — Тынг, уæллæй, тынг,— æндæр ницы дзырдта Ке- рым. Халагъуды цурæй хъуысти цæгъдæнты хъæр æмæ уæнгтæ рог кодта. Æнæуый дæр хъæлдзæг уыд уыгæр- дæн: уадымс кæрдинагыл хъазыд, æмæ-иу кæрдинаг, размæ рагуыбыр, афтæмæй æрбацæйзгъордта. Нæ сæр- ты æрбатахт цæргæс -ныллæджыты, йæ аууон ныл æр- баппæрста, æрбадти мæкъуылы тæккæ сæр хъилы цъуп- пыл æмæ дард кæдæмдæр сарæзта йæ цæстæнгас, йæ къæдз бырынкъ та æдзæмæй баззад ракæнон хуызæй. Æнæскъуийгæцъыпп-цъыпп кодтой цъыр-цъырæгтæ, æмæ .уыцы иугæндзон, иухъæлæс зарды амæттаг цъиутæ куы базарынц, уæд зæрдæйы баиу вæййынц æмæ сфи- дауынц. Керым йæ машинæйы раз æрлæууыд, фæстæмæ мæм фæкаст. 550
— Хæринаг. Дæхæдæг уырдæм кæй не ’фтыс, уыи хъуыдыйаг у. Хæринаг... Æцæг нын хæринаджы хъуыддаг ам цауддæр æвæрд у. Райсомæй фылдæр хатт ницы бахæрæм. Куыддæр сы- стæм, афтæ кæрдын райдайæм. Сихор нын Клавæ скæны. Куы дзидзайы хæринаг, куы макъаронты хъæрмхуыпп. Изæры джитъритæ æмæ дзул, кæнæ та аджы картофтæ афыцæм. Фæлæ нæ тыхсынц лæппутæ, ам бæлвырд хъæлдзæгдæр сты. Халагъуды фарсмæ хосы тулайыл бадын æмæ кæсын лæппутæ’м, мæн фæнды бирæ цæуылдæрты хъуыды кæ- нын. Фæлæ мæ бон нæу — мæ хъуыдытыл рафт-бафт кæ- нын, иуыл дзы дзæбæх æрсагъæс кæнон, уый мæ къухы не ’фты. Ацы бон йæхæдæг дæр цыдæр æндæргъуызон бон уыди. Керым куы ацыди, лæппутæ æмæ чызджытæ сихоры улæфт куы кодтой, уæд нæ фале цы æрх и, уыр- дæм базылдтæн, мæ зæрды уыд хъилтæ æмæ аразæн- тæ бабæрæг кæнын. Æрхæй бахызтæн, суадоны цур æр- бадтæн, залмы сыф æртыдтон, сындæггай дзы худгонд сарæзтон — ацы хатт мæ тагъд кæнын никуыдæм хъуыд æмæ мæ зæрдæйы дзæбæхæн бадтæн суадоны раз. Худ- гонд цыхцырæгмæ бадардтон, æмæ дзаг кæнын байдыд- та. Доны уазал мæ цæсгомыл æмбæлд. Уыцы рæстæджы мæ хъустыл ауад: — Дард ма ацу, Стефæ, æз иунæгæй тæрсгæ кæ- нын. Æз æдзынæг кастæн суадоны цыхцырæгмæ, уый ехсы лыстæггомау хуызæн быдæй згъордта уæлæнгай урс- урсид нучы залмысыфмæ. Мæнæ ныртæккæ байдзаг уы- дзæн æмæ райдайдзынæн нуазын... Ныхасмæ фыццаг мæ хъус не ’рдардтон, стæй, лæгæн йæ зонгæ йæ рæзты куыд ахиза, фыццаг æй куыд нæ фæхъуыды кæна, уый фæстæ йæ фæсте куыд асура, афтæ фæдæн: фестъæлфыдтæн, кæм дæн, цы мн кæнын, уый æрæмбæрстон, æмæ мæм афтæ фæзынд, цыма уыцы ны- хæстæ зæгъгæ ничи кодта, сæхæдæг фæзындысты мæ сæ- 251
ры æмæ атахтысты. Æвæццæгæн мæ зæрдæ Стефæимæ кæп дзырдта, уый тыххæй. — Бирæ дзы и, Стефæ?.. Фестадтæн æмæ — диссаг! Мæнæй иу-фынддæс сан- чъехы æддæдæр хæмпæлы лæууыди Стефæ. Иæ иу къу- хæй уæлæмæ схæцыди мæнæргъыйы цупалыл, иннæмæй йæ тагъд-тагъд тыдта. Йæ цæстытæ уыдысты æнкъард- хуыз, æви, йæ сæрыл цы дардыл хъæмпынхуд уыд, уый аууонæй мæм афтæ фæзындысты. Мæ къухæй залмысыфыл хæцын, афтæмæй лæууыд- тæн æмæ хъуыды кодтон: фын! Цал хатты йæ федтон ацы фæстаг рæстæджы мæ фыны. Ныр æм исты сдзурин æмæ куы фехъал уон. Фæлтау æм афтæ æнæдзургæйæ кæсдзынæн... Уыцы цупал суагъта, фæгуыбыр кодта, æн- дæр хъæдыл схæцыд æмæ та райдыдта тонын. Тоны æмæ æнцад-æнцойæ улæфы, æмæ куы сулæфы, уæд йæ коф- тæйы тæрттæ æддæмæ рахæцынц. Æмæ йæм араст дæн, мæ къухтæй залмысыфы дыууæ кæроныл хæцын, афтæмæй. Æниу ацæуон æви нæ, ууыл нæ ахъуыды кодтон,— нæ йæ алыг кодтон — фыны куыд вæййы, афтæ. Цалдæр къахдзæфы ма мæ хъуыд, афтæ мæм цæхгæр фæзылд,—æвæццæгæн, мæ къæхты уынæр- мæ,— йæ былтæ кæрæдзийæ фæхицæн сты, йæ цæстытæ цыдæрхуызон атымбыл сты сæхимидæг, йæ сæр бæрзонд сыскъæфта æмæ мæм фехъуыст йæ тарст хæкъуырцц. — Дон дæ нæ хъæуы? — дзурын æм æз хъæрæй, адæм кæрæдзимæ куыд фæдзурынц, уымæй хъæрдæрæй. Уый исдуг ницы сдзырдта, стæй зына-нæзына йæ сæр банкъуыста æмæ мæм йæ къухтæ æрбадаргъ кодта. — Акæлдзæн, афтæ аназ,— хæстæг æм бацыдтæн æмæ йæм бадардтон дон. Уый нуæзта æмæ касти мæнмæ, мæ цæсгоммæ, цыма йыл исты бæрджытæ агуырдта. Донæй ма чн баззад, уый мæхæдæг ануæзтон. Стефæ, йæ армы цы мæнæргъыйы гагатæ уыд, уыдон йæ разы къалатимæ æрæппæрста, йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъ- та æмæ дзургæ ницы скодта, афтæмæй мæм касти, йæ 252
уымæл цæстытæ цыдæрхуызон айтынг сты,—цыма, кæй бауымæл сты, уый тыххæй. Æмæ уæд, уыцы уысм фем- бæрстон — фын нæу. Фыны уыцы цæстытæм кæсын нæ бафæрæзтаин, афонмæ фехъал уыдаин. — Ам цы ми кæныс, Стефæ?!. Стефæ мæм ницы сдзырдта, раздæрау мæм æдзынæг касти, æмæ йын йæ улæфт куы нæ уыдтаин, йæ иугæн- дзон улæфт, йæ кофтæйы тæрттæ-иу æддæмæ куы нæ рахæцыдаиккой æмæ та-иу фæстæмæ куы нæ бацыдаик- кой, уæд мæм бынтондæр æдзæм буар фæкастаид. — Куыдтæ цæрыс, Стефæ? — мæ цæст та йыл æрха- стон сæрæй къæхты бынмæ æмæ нырма ныр ауыдтон: йæ уæлæ юпкæйы бæсты кæд уыди хæлаф — йæ фадгуы- тæ уæрæхдæр, уæле та йæ астæуæй суанг йæ уæраджы фæтасæнтæм æнгом бадти чызджы буарыл, фидауын æй кодта æмæ зæрдæйæн цыдæр ныфс хаста, æхсызгон ныфс, адæймаджы цæрынмæ чи амидин кæны, ахæм ныфс... Стефæ фезмæлыд, æрдзуццæг кодта, æрæвнæлдта, къалитийы цы мæнæргъытæ уыд, уыдонмæ, систа дзы йæ армыдзаг. — Мæнæргъытæ ахæр. Æз дæр æрдзуццæг кодтон, Стефæйы армæй истон мæнæргъыйы гагатæ æмæ сæ хордтон. — Диссаг, куыд тынг дæ фæтарстæн! Нырма дæр ме уæнгтæ сæ ризынæй нæ банцадысты,— дзырдта Стефæ æмæ мæм йæ арм дардта; æз уыдтон, йæ арм йæ мид- бынаты куыд рызти, уый. — Цæмæн мæ фæтарстæ афтæ тынг? Стефæ мæ иувæрсты кæдæмдæр акаст, дард нæ, хæс- тæг кæдæмдæр. — Куыд дын æй зæгъон? Ды ам уыдтæ, æмæ æз æмæ ды ныхас кодтам, стæй фæцыди хус къалиуы къæрцц, фæкастæн æмæ ноджы ауыдтон дæу. Ды иу нæ уыдтæ, фæлæ уыдтæ дыууæ, бамбæрстай? Уымæн афтæ тынг фæтарстæн, æвæццæгæн... ■1 25 ’А
— Ам цы ми кæныс, Аслан? Мæнæргъытæ тоныс ды дæр? Æмæ быдыр та?! — Мæнæргъытæ нæ тонын. Мах хбс кæрдæм.— Сыс- тадтæн, сыстади Стефæ дæр.— Кæсыс: мæнæ нæ кæрсты- тæ, дæлæ нæ мæкъуылтæ, уартæ нæ халагъуд... — Æцæг?! — тынг бацин кодта Стефæ. — Æмæ æз ам рагæй дæн? — Цæмæн мæ фæрсыс? — Мæхи агурын, — хъазгæмхасæнты та загътон -æз. — Уæд дæу сайын тæригъæд хъуыддаг у, рагæй. — Æмæ, Стефæ?.. — Цы зæгъынмæ хъавыс, уый æмбарын,— йæ цæсты- тæ бацъынд кодта, йæ сæр зына-нæзына батылдта фæй- нæрдæм.— Æз æнæсæрæн дæн, тынг æнæсæрæн дæн æз, Аслан. Уыйбæрц фæтох кодтон—мæ бон нæ баци. Цы мыл æрцыд — ницы йын ашбарын. Уæдæ-иу мæхимæ загъд кæнын куы райдыдтон, тынгдæр-иу куы смæсты дæн мæ- химæ, уæд-иу мæ бынтон нал уагътай иунæгæй. — Сте- фæ йæ цæстытæй ракаст, бæрзонд систа йæ цæстыхаутæ- уыдон уыдысты æртæхдзаст фæрдгуыты хуызæн.—Мæ- хи кой дын нæ кæнын, фæдзæхсын дын Алинæйы... Ахæм бон уыди абон, гъе! О хæдæгай, ноджы Пора æмæ Муртуйы хабар! Ам дын æрбалæууыдысты скъолайы машинæйыл—йæ хъæр, йæ хыбар-хыбурæй бæстæ хаста. Æз уæд Стефææмæ йе ’мбæлтты фæндагмæ ныххизын кодтон, уырдыгæй сыздæхтæн, ме уæнгтæ кæрæдзийыл нæ хæцыдысты. Мæ зæрдæ бæргæ дзæбæх уыд, фæлæ мæ къабæзтæ цыма мæхи нæ уыдысты. Хосыл æрбадтæн, мæхи уæлгоммæ ауагътон æмæ улæфыдтæн, улæфыдтæн ахъаззаг, æр- мæстдæр кодтон улæфгæ, æндæр æппындæр ницы — ни- цæуыл дæр хъуыды кодтон, ницæуыл дæр — сагъæс. Ахæм хъуыддаг мыл никуыма æрцыд цыма нырæй раз- мæ. Афтæмæй мæ æрбаййæфтой. Мæ фарсмæ æрбадтыс- ты. ЦЬщæртæ дзурынц мемæ, фæлæ сæм æз искуы-иу 254
хатт сдзудын, æндæр нæ, æмæ ныхас цæуы сæ дыууæйы æхсæн.. _^ — Хорз бакуыстат, афтæ куы кусат, уæд къуыримæ хал дæр нал баззайдзæн ацы тъæпæны, уый зоныс æви нæ?—дзуры Пора, йæ алыварс ракæс-бакæс кæны. — Адон кусынæй цы ’фсады, сæ хъуыры исты куы цæуа, уæд,—æрæджиаугомау ын йæ ныхасмæ загъта Мурту. Исдуг фæсабыр сты, æмæ та æз улæфын байдыдтон, æрмæст — улæфгæ. — Сæ гуыбынтæм дæр цастæ хаудзæн? Дæхæдæг нæ зоныс колхозы хъуыддаг? Керым уæм не ’рбауад? — фæрсы мæ Пора. — Æрбауад,— иунæг дзырд загътон æз. — Керым та сæм куыд не ’рбауадаид? — ныхас йæхи- мæ айста Мурту. — Керым дын æнæ ’рбауайгæ фæуа. Хорз сæрдар дзы рауади тынг. Уый æнхъæл ын нæ уыд- тæн, раст дын куы зæгъон, уæд. — Æвзæр сæрдар нæу,— йæ ком аивæзта Пора,— фæлæ æгæр лæмæгъ у.^Лæмæгъ. Колхозонты раз, цыма хæ стыр зылынджын у, уый лæуд хъуамæ скæна, цæмæй сæ тæрсы — хæйрæг æ,й базонæд. Сæрдарæй хорз чи ба- кусид, уый дын зæгъон? Æз мæ бæрзæйыл рахæцыдтæн æмæ йæм дзæбæх ба- кастæн. — Мæнæ нæ директор. Колхозы ныртæккæ æфсæддон æгъдау хъæуы, уый зоныс æви нæ? Æз фæстæмæ мæ сæр хосыл æруагътон. Дзургæ йæм ницы скодтон. — Кусгæ Цомайы хуызæн йæхи хæйрæг чи фæхона, уый дæр нæ бакæндзæн. Иучысыл та фæсабыр сты сæ ныхасæй, стæй мæм По- ра мæ ном æмæ мæ фыды номæй æрбадзырдта. — Аслæнбег Астемыры фырт, далæ-ма йын иу изæр йæ уыгæрдæн ракæрдын кæн. Æз рабадтæн. 155.
— Цæй уыгæрдæн? — Дæлæ обауы дæллаг фарс. Йæ дыууæ стурæн зы- мæджы... Кæй у, уый сын зæгъгæ дæр цæмæн кæныс? Бафтау сæ, æмæ кæрдой, цыма колхозæн кæрдынц, аф- тæ. Стæй йæ ассивдзысты... Зонгæ дæр ницы бакæндзыс- ты æмæ æндæр дæр, афтæ хуыздæр нæу? Мæнæ йын æй иу изæр Муртуимæ ныддавдзыстæм. Р1æ фæстаг ныхæстæ мæ исдуг фæкъуырма кодтой афтæ тынг, æмæ кæм уыдтæн, уый нал базыдтон, стæй æрбацæйхызтæн Цомаиты рæзты, — сæ кулдуар æнгом æхгæд. Хæдзæртты рудзгуытæй ма искуы иугæйттæ сыгъд, иннæтæ бацъынд сты. — Бирæ ма дзы и, Мурту? — мæнæ белæи искуыдæм исты куыд баппарай, афтæ мæм æрбахауди кæцæйдæр Порайы ныхас. — Ис ма дзы. — Иу-дыууæ голладжы дзы дæхицæн фæуадз. Быды- ры картоф хæрынмæ хорз у, уый зоныс æви нæ? Мæнæ уал ныр цы ахæрат, уый. Зымæгмæ сласдзыстæм. Уæ къæхтыл дæр гуыбынтæ куы уаид. Бадын гуыбырæй хосыл æмæ дис кæнын уыцы ны- хæстыл. Нырмæ куыд никуы ’рлæууыдысты мæ зæрдыл, куыд никуы сæ æрхъуыды кодтон? Æвæццæгæн, картоф .æвгæдтой машинæйæ. Директор, коммунист. Ме ’фсæртæ кæрæдзимæ сæхи нылхъывтой, мæ къухтæ æрбатымбыл- тæ сты. Уымæн йæхи мардта, мæн уымæн нæ уагъта бы- дырмæ. Цы къорд сарæзта! Мурту дæлгоммæ хуыссы æмæ тыхулæфт гашы, раст ын цыма йæ чъылдымыл исчи дзаг голлаг ныффæлдæх- та. Пора бады, йæ цæстæнгас цыдæрхуызон змæст, мер- дæм кæсы, тамако дымы, бапъироз йæ дзыхæй куы рай- сы, уæд та йæ дзых схæлиу вæййы, æмæ мæм афтæ зы- ны, ^ыма ныртæккæ худгæ куыд æхсызгонæй скæнид, кæугæ дæр — афтæ, уæлдай йын нæу. 256
— Уæдæ куыд, кæд сæ нырвитдзынæ? Абон дын гæ- нæн нæ фæуыдзæн? Цалынмæ ацы хуртæ... — Абон мын нæ фæуыдзæн рæстæг. — Уæд та райсом. — Райсом дæр сæ нæ нырвитдзынæн, цалынмæ ацы хуртæ уой, уæдмæ сæ нæ нырвитдзынæн, стæй ацы хур- ты фæстæ къæвдатæ куы уа, уæддæр сæ нæ нырвитдзы- нæн! Пора йæ бапъироз йæ дзыхы атъыста, æмæ йыл пъæртт-пъæртт ралæууыд. — Далæ йæхæдæг ссæуæд æмæ ныккæрдæд. Ныккæр- дæд, адæм куыд кæрдынц, афтæ—проценттыл. Авдæй— ну! — мæ амонæн æнгуылдз хæрдмæ фæхъил кодтон. — Æмæ уымæй’ дæ бар — дæхи. Кæд дæ нæ фæнды, уæд дыл тыххæй ничи у.—Цыма йын æркæрдæм, ма æр- кæрдæм, уымæй ницы уæлдай и, уыйхуызæн йæхи ба- къултæ код’та Пора.—Тыххæй дын чи кæрдын кæны? Дæхи ма схъæргæнæг кæн, бамбæрстай æви нæ?! Чи зоны ма истытæ дзырдта, фæлæ йæм æз нал хъуыстон, æз фыццагау уæлгоммæ хуыссыдтæн æмæ улæфыдтæн, улæфыдтæн — æндæр æппындæр ницы, нæ- дæр — хъусгæ, нæдæр уынгæ, æмæ мын уыди тынг æн- цон: хус хос, æххæст хус нæ, фæлæ фæлвых кæй хонынц, уыцы хосы тæф уæлдæфы бадти ногдыгъд мыдау. Улæ- фыдтæн дзы мæ риуы дзаг, фæлæ диссаг! — ме уæнгтæ рогдæр’ нæ — ноджы кодтой уæззауæй-уæззаудæр. По- раитæ куыд ацыдысты, уый не ’рхъуыды кодтон... ♦Ахæм хабæртты фæстæ ацу æмæ ды ныккæрд хос. Хос кæрдын нæ — цæуын дæр цыма нæ афæрæзтаин, аф- тæ мæм каст. Лæппутæ æрæмбырд сты халагъуды алыварс, арт кæ- нынц, ныртæккæ та картофтæ сфыцдзысты аджы. Борик халагъуды бахизæны бады лæппутæй кæимæдæрты æмæ сын йæ хабæрттæ кæны: — Рагæй мæсты дæн Созырыхъомæ. Хъо-хъо! Быды- ры йæ машинæ куы нæ лæвæрдта, уæд ын уый зыдтон, 17 Хурвæидаг 257
гъе! Уыцы дзæбæх бæхыл мæхицæн фæцыдтæн дыууæр- дæм. Цыдæр фынæй кæстытæ кодта,— ма та дзы ферох уа фæндаг æмæ та фæстæмæ ма æрыздæхой. .— Суанг æй уæлæмæ акодтаис, æмæ йын йе ’мбалмæ фиййæуттæй исчи рацыдаид. — Афтæ гæнæн дæр уыд, фæлæ йæ уадз æмæ йе ’рба- дæнтыл æрбадæн мауал уа. Уартæ Хъама-хох кæй хо- нынц, ууыл куы фæхæрд кодтам, уæд йæ саргъ абырыд, абырыд æмæ бæхы синтыл абадти. Дæ хæдзар, зæгъын, фехæлæд, къуыдийы сæрты хауыс. Рахызтæн æмæ йын йе ’хтæнгтæ балвæстон... Мæ цуры хосыл æрбадти Шотик. Иæ къухы иу къа- бузджын сырх дидинæг, сындæггай йæ йæ фындзмæ сха- ста. — Искæй ма быдырмæ арвитæм. — Цæмæ? — Нæ хуым фена. Кæннод та иууылдæр ацæуæм иу- бон. Фæстæмæ сыздæхдзыстæм. — Цæмæ, цæмæ? Лæппу фæтыхсти. — Фенæм æй, кæддæра кæй онг сси. Азилæм дзы. Уæд та йыл исты низ фæзынди.... Уыцы рæстæджы мæ цæстытыл ауад нæ хуым: æмыз- мæлд кодта денджызау, æххæст сызмæлын чи нæма сфæ- рæзта, æмæ йæ уæззау уылæнтæ былмæ кæмæн нæма рахæццæ сты, ахæм денджызау... Афонмæ боцкъо сæп- пæрста, æмæ йæм станы разæй алы райсом Бисолтан æмæ Джихаты Манах кæсынц. Бисолтан къухаууонæй, Джихаты Манахæн та, йæ даргъ мундштучы даргъ си- гарет тъыст, афтæмæй. Хуымы коймæ лæппутæ нæ алыварс атымбыл сты. — Хъазын хъазын у, фæлæ куы фæхъуыдыды уа, æмæ уым куы нæ уæм, уæд нын æй адасдзысты,— загъта Борик.— Джихаты Манах хъуыдыдыйы ас хъайла дæр нæ уарзы. 2:8
— Мах хуым раздæр схъуыдыды уыдзæн, уый раст у.— йæ ныхас æрбаппæрста Эдик дæр. — Машинæйыл æм мачи æрцæуæд давынмæ,— уæз- заугай райдыдта Гасбар,— уыййедтæмæ йын Джихаты Манахæй ма тæрс. Джихаты Манах дзы бон кæд æртона дыууæ æфсиры. Æмæ æнæхъæн быдырæн уыдон цы сты? Фæлæ йæм машинæйыл куы ’рцæуой, уæд æй ныддæ- рæхсæн кæндзысты. — Машинæ нæ, поездырдæм куы ’рцæуой, уымæй нæ тæрсыс?! Цыма мах уым мæрдтæ уыдзыстæм! Куыддæр ныццæуæм, афтæ йæ хъахъхъæнын райдайдзыстæм. Æх- сæвæй-бонæй. Æццæй,. Шотик... Мæнæн мæ зæрдæ базмæлыд, лæппутæ хуымы тых- хæй афтæ æнувыдæй кæй дзырдтой, уыцы æхсызгонæй. Дзурын ницуал сфæрæзтон. Мæхи фæстæмæ ауагътон хосыл. Арв уыди хæрзæфснайд — ног чындзы уаты хуызæн: цæст ыл нунæг мнгъы гæппæл ннкуы ахста. Стъалытæ— кæм ставддæр, кæм лыстæгдæр, кæм хæстæгдæр, кæм дарддæр — фæкæс-фæныкъул кодтой, æмæ афтæ зынди: арв кæйдæр агуры, дард кæйдæр, йæ цырагъы рухс нæ хæццæ кæны, кæй агуры, уымæ, æмæ тыхсы æнæбан- цайгæ тыхстæп. Стæй скасти мæй, æнæхъæн мæй, урс-урсид мæй, су- ади стъалыты ’хсæнты, цыма уыдонæй алчи йæ бынаты ис æви нæ, уый бæрæг кæнынмæ рацыд. Мæй уæлдæрæй-уæлдæр кодта, дуне та — рухсæй- рухсдæр. Халагъуды фарсмæ сыгъд арт. Цуайнаджы сау фарс-иу асдæрдта йæ сырх æвзагæй æмæ та-иу æй ам- бæхста, аг цы дуртыл æвæрд уыд, уыдонæй пскæй фæ- стæ. Хъуысти лæппуты хъæлдзæг ныхас.
СÆРГÆНДТÆ Дыргъджыйнæгты чызг Кæрдзыны къæбæр Фиййæуттæ Хæххон хъæуы Цымырзæ Цæсты хос Мæ сыхæгтæ Хурвæндаг. Повесть Сергей Заурбекович Хугаев СОЛНЕЧНОЙ ДОРОГОЙ Рассказы и повесть на осетинском языке Редактор И. Р. Цомартов Художник X. Т. Сабанов Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор А. Г. Царакова ИБ № 512 Сдано в набор 08 02.80. Подписано к печати 26.06 80. ЕИ 00996. Формат бу- магп 70Х108У32- ^ум. тип № 3 Гарн. шрифта литературная Печать высо- кая Усл. п. л. 11,37. Учетио-нзд. листов 11,59. Тираж 2000 экз. За- каз № 13033. Цена 85 коп. Издательство «Ир» Управлсния по дслам издательств, полпграфнп н книж- ноп торговли Совета Министров СО АССР, г Орджоникпд^е, ул. Димитро- ва, 2 Кннжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тсльмана, 16. 3 12 20 29 52 65 73 84