Текст
                    БЕКЪОЙТЫ ЕЛИОЗ
X г-УНД!! Ш
ШЬ\ РТЫА
Р 0 М АН
РАУАГЪДАД „ИРЫСТОН"
ЦХИНВАЛ — 1960


СФÆЛДЫСТАДЫ ТÆМÆНЫ Лрæх азтæ адæймаджы кар æдде бакæсгæйæ нæ фæбæрæг кæ- кьпщ. Ахæм рæстæджы фæдзурæм: кæд ыл бирæ азтæ цæуы, уæд- дæр зæрдæйæ нырма æвзонг у, цардбæллон, уæнгрог, цæрдæг. Ацы дзырдтæ иттæг хорз бадынц Бекъойты Елиозыл дæр. Уый ирон советон фысджыты хистæр фæлтæрæй у, хъæздыг сфæлдыстадои бнографи йын ис. Растдæр цыппор азы размæ акодта литературæ- пы зып æмæ бæриоп фæидагыл йæ фыццаг къахдзæф, чысыл, фæ- лæ ныфсджын къахдзæф. 1929 азы—коллективизацийы райдианы— газет «Хурзæрипы» мыхуыры фæзыпд йæ фыццаг радзырд «Ног хьæу», цыран уый равдыста социализмы фæпдагылцæуæг хъæуы \æрæх ныв. Чысыл рæстæг не сты цыппор азы адæймаджы царды псторнйы. Уадхй нырмæ Бекъойы фырт пыффыста æмæ мыхуыры рауагъта бирæ уацмыстæ; |радзырдтæ, новеллæтæ, очерктæ, уацау- тæ, ромаитæ — сæ идейои-нывæфтыдон æмвæзад æмæ тематикоп авнæлдæй алыгъуызон чи сты, ахæм уацмыстæ. Бекъойты Елиозы фыццаг чиныг «Амондджыи сабитæ», зæгъ- гæ, мыхуыры рацыд 1938 азы. Чиныгкæсджытæ йыл сæмбæлдысты зæрдиагæй. Уый фæстæ кæрæдзи фæдыл мыхуыры цыдысты йе ’пнæ чипгуытæ дæр: «Радзырдтæ» (1940), «Æрыгон патриоттæ» (1943), «Фæтæджы помимæ» (1951), «Фæллойы кадæн» (1958), уацау «Цэаугæ хæзиа» (1961), «Радзырдтæ» (1964), уацау «Фæс- обау» (1967), фæлæ уæддæр пæ фыссæджы сфæлдыстады иууыл 1"гырдаер быиат ахсы йæ ромап-трилоги «Фатимæ». Æртæ чины- Джы мыхуыры рацыдысты 1947—1951 азты. Трилогийы архайд райдайы Стыр Октябры революцийы агъоммæ æмæ æххæссы суанг Фыдыбæстæйоп хæсты фæудмæ — æнæхъæн æртын азы. Уым Г1^ьуыддзаг цæуыпц, уæды рæстæджы цард афтæ æхсызгоиæн кæй 3
раразмæ кодта, ахæм ахсджиаг проблемæтæ, æвдыст дзы æрцыд ирд æмæ алыфарсонæй ирон зæхкусæджы зын æмæ вазыгджын, цин æмæ сагъæстæй йемыдзаг цардвæндаг. Автор йæ уацмысы дзуры ног дуджы адæймаджы сыгъдæг уарзтыл, йæ æвæджиаг идеалтыл. Романы сæйраг архайджытæ Фатимæ æмæ Махарбег сты ног дуджы зиууæттæ, сæ фæлгондзтæ сты типикон, æххæст арæзт. Раст зæгъгæйæ, трилоги «Фатимæ» радта йæ авторæн профессио- налоп фыссæджы ном. Иæ фыццаг хай мыхуыры куы фæзыид, уæд нæ литературæ уыдис йæ рæзты ног этапы, фæлæ ма уæддæр уыцы рæстæджы ирои романтæ уыдысты, къухы æнгуылдзтæ ны- майæгау, хæрз цъус. Ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг цæуынц Бекъойы фырты иннæ гуырахстджын уацмыстæ-уацаутæ «Цæугæ хæзна» æмæ «Фæсоба- уы». Фыццаджы дзырд цæуы пæ раззагон фосдарджыты зын æмæ зæрдиаг куыстыл, дыккаджы та æвдыст цæуы советон скъолайы цард, ахуыр-хъомыладон куыст. Критикæ сыи йæ рæстæджы æмбæ- лон а,ргъ скодта æмæ ма сыл дардыл дзурæм, |уый сæр нæ ницæ- мæн хъæуы. Бекъойы фырты ног сфæлдыстадоп æнтыстыл æнæгуырысхойæ банымайæн ис йæ иог романæн «Хъуыдыты базыртыл». Ацы цæст- уарзон хуын ныи уый бахаста иæ литературæмæ, йе ’хсай аэы юбилейыл æмбæлгæйæ. Ромапæп сæйраджыдæр ис хъомыладон нысаниуæг, ис ын псп- хоЛогиои фæдæздæхт. Уацмысы арæхстджын æмæ реалонæй æв- дыст цæуы, æвзонг адæймаджы хъомыл кæпыны хъуыддаджы æх- сæнады роль, дзырдæуы дзы коммунистон моралы принциптыл. Романы кæрæй-кæронмæ дзырд цæуы йæ сæйраг хъайтар Иналы цард æмæ ахуыры хъуыддæгтыл. Ииал, йæ галиу æмгæртты æи- дæвдады бын уæвгæйæ, цасдæр рæстæджы дæргъы уыд зыгъуыммæ фæндагыл лæуд, æпæуаг митæ кæныи æм кастис хъулæй хъазы- нау, сæгаммæгæс, суанг ма йе скъолайæ даэр фæхауæккаг. Æвзонг лæппу бахауд арф мидхъуырдухæнты гуылфæны. Æхсæвæй-бо- нæй хъуыды кæны, йæ «хæлæрттæ» Будзи æмæ Бæбн йæ цы фыд- ракæнды фæндагыл кæнынц, уымæй фæиртæсыныл. Архайы, фæлæ йæ къухы ницы ’фты. Ацы рап æм æххуысмæ йæ къух бадаргъ кодта заводы фæлтæрд индзылер Хъæссæй—хиуылхæцгæ, æф- сæрмдзæстыг, къухылтухгæ, куыстуарзаг æмæ гуманоп адæймаг. Æмæ та Инал ногæй ахуыры фæндагыл ныллæууыд, иикуыуал дзы’ фæиппæрд, уæлдæр скъола дæр ма каст фæцис. Романы иу сæрæй ипнæмæ Ииал кæпы ,æгъдауджынæй-æгъдау_ джындæр, æмбарын райдыдта царды ад, æхсæнады раз нæ бæрн- 4
дзипад, дæсты раз рæзынц йæ характероп æвæрццаг миниуджытæ. Ма- ды гуыбынæй, мыййаг, нæрахаста йæ раздæры галиу митæ. Рараст- гæнæн кæмæн нæ уыдис, ахæмæй цы хъуамæ сарæзтаид. Романы кæ- рон æй уынæм æмбаргæ лæппу-лæгæй, иудадзыг æмбалæн баххуыс кæнын йæ уд, йæ дзæцц кæмæн у, хæрзиуæгон хъуыддæгтæм чи тырны, йæ зæрдæ романтикон хъуыдытæй йемыдзаг кæмæп у, дхæмæй. Хуымæтæгдзинад, адæмуарзон, рæстылдзог, хæдæфсарм, сæрпыллæг ’.— гъе, ахæм æвæджиаг æууæлтæ йыи рæсугъд кæ- пынц йæ миддуне. йæ характеры рæзтыл хорзæрдæм фæзынд æиæхъæн коллективы æндæвдад, номхуындæй та Хъæссæй æмæ Аслæнджерийы хæрзиуæгон архайд, йæ сомбоны хъысмæт уыдис уыдонæй кæнгæ. «Æппæт иуы тыххæй, иу — æппæты тыххæй» ахæм уыдис, Инал цы коллективы ’хсæн хъомыл кодта, уый сæй- раг принцип. Ромапы бæрæгæй зыпы Иналы мад Сæниаты фæлгондз. Уый у капд заводы раззагон кусæг, хæрзæгъдау сылгоймаг нæ, фæлæ ма сывæллæтты иттæг хорз хъомылгæыæг дæр. Алцы дæр аразы быхсгæйæ, хъуыдыджынæй, ции кæнын кæм хъæуы, уым цин фæ- кæны, хъыг кæнын кæм фæхъæуы, уым та — сагъæс. Æмбæхст, дæлгоммæ хъуыдытæй йæм мурдæр ницы ис. Иæ дыууæ сывæл- лоны æпæпизæй цæрæнт æмæ ахуыр кæнæнт, уый йедтæмæ дуры цъуппыл дæр фæцæрдзæни, быхсдзæн æппæт зынтæ дæр — афтæ у уарзæгой ныййарæджы психологи, йæ мидпринцин. Цæсты раз ыслæууы хуымæтæг æмæ лæджыгъæдджын Зæли- нæйы фæлгопдз. Уый рæсугъд у канд æдтаг бакастæй нæ, фæлæ йæ дзыхы ныхасæй, йæ миддунейæ. Сыгъдæг, æнæхин уарзтæй уар- зы Иналы, цæттæ у кæддæриддæр йемæ йæ цин, йæ хъыгтæ æм- бисыл дихкæнынмæ. Чиныджы райдианы йæ мах уынæм хæрзæв- зонгæй, сылгоймаджы рагæфсæрм чи нæма æнкъары, царды ад æххæстæй чи нæма æмбары, ахæм рæуæууæнк чызгæй. Æмæ ацы къæпхæнæй сырæзт зæндджын, æмбаргæ адæймаджы онг. Иу æмæ дыууæ хатты иæ бахауд зыц уавæры, иу æмæ дыууæ хатты пæ аныгъуылд арф мидхъуырдухæнты малы, фæлæ уæддæр .ие уонг пикуы асаст, йæ зæрдæйы никуы сæвзæрдысты пессимистон æнкъард хъуыдытæ. Хæххон дидинæджы æхцон тæф банкъарынау æхсызгон вæййы;, йæ рæсугъд цæсгомыл цы фæлмæн мидбылхудт фæзыны, уымæ кæсын. Цыма уа йæ хорз миннуджытæй бафæзми- нагдæр? Сæыиат æмæ Зæлинæйы фæлгондзы ныхмæ комкоммæ æвæрд сты Бæбийы мад — математикæйы ахуыргæнæг æмæ Азауы фæл- гоидзтæ Адон стьт, сæхи сæрмагонд иптересты йедтæмæ чи иицæ- 5
уыл мæт кæпы, искæйы æнамонддзинады хыгъдæй йæхи сæрма- гонд амонд чи аразы, ахæм лыскъзæрдæ адæймæгтæ, æдзух «æз дæн», æз дæн» чи кæны, ахæмтæ. Иналы фæлгондзы ныхмæ та æвæрд цæуынц Будзи æмæ Бæ- ^бийы фæлгопдзтæ. Кæд æмæ Ипал цы зыгъуыммæ фæпдагыл иыллæууыд æвзонгæй йæ рæуæууæпкæй, уымæй æнцонæй фæ- хицæн ис, уæд ацы дыууæ æрыгопы та иудадзыгдæр хъуыды кæ- пынц цыфыддæр фыдракæпд саразыныл, раст фæндагыл ныллæу- уыны хъуыды сæ фæсонæрхæджы дæр пæй. Æхсæнады æнæниз, æиæлаз буарыл зынынц дæлгоммæ сынкъау. Будзи æмæ Бæбийы фыдракæнды хъуыддæгтæ æруромынæн разыпд æрмæстдæр иунæг фæ,рæз — ахæстон, æмæ сæ хай фæцнс. Уæззау низау сыл æрæндæв- той фæстагмæ сæ фыдракæндтæ, фæлæ сын æгæр байрæджы ис. Хъысмæт сæ йæ уæлныхты систа, раппар-баппар сæ кодта иу ра- нæй иннæмæ. Будзпйæн нæ хъæр, йæ кой дæр нал разыпд, иппæ та фыдхуыз, фыдхъуынтæй æрыздæхти йæ фыды уæзæгмæ. Уып тыххæй чиныджы аивæй фыст ис: «Бæби, адæмон рæстæвзарæиы скъуыддзагмæ гæсгæ, цы авд азы фæцис дард Тайгайы æгæндæг хъæдты, уыдои ыл бипопыг æрæвæрдтой мыхуыр: пынпнзджынтæ, пыкъкъуылыхтæ ис, æнафоны фæзæрондхуыз, ныкъкъæдзи.» Гъе, афтæ æрсаста ахæстон кæддæры схъæл æмæ сæрыстыр лæппу- йы. Æвæрццаг æмæ æппæрццаг персонажты ’хсæн ныхмæдзыдтæ, уыдон быцæудзипадæй æвзæры уацмысы мидконфликт. Ромапы хъайтарты хъысмæт, стæй сæ архайд иууыл бæрæг- дæрæй разынд, чиныджы кæронбæттæн сæргонд «эпилоджы бæсты», зæгъгæ, уым. Мæнмæ гæсгæ йæ кульмипацион тæлп дæр ам ис. Уацмысы ис дзæвгар лирикон афыстытæ æмæ уый хорзæрдæм зыны йæ нумæйаг идейон-нывæфтыдон æмвæзадыл. Хорз æвдыст цæуы архайджыты психологи. Уацмысы ма ис къорд дæсныфыст монолоджы, цыраи тыпг фæбæрæг вæййынц сæйраг хъайтары мидхъуырдухæнтæ, цинтæ, сагъæстæ. Авторы цæстмæ бадарын хъæуы иу хъуыддаг. Уый факты æгæр конкретизаци кæны, чысыл деталтæ афыссыныл æгæр бирæ дзырдтæ хардз кæны. Дзырдты хæрхдзинад ма хъуамæ уа хъуы- дыты сæрибардзинады хыгъдæй аразгæ, уацмысы персонажты æв- заг, сæ ныхасы маиерæ хъуыдис тынгдæр индивидуализаци кæнын. Æхсай азы сæххæст Бекъойты Елиозы райгуырдыл, цыппор азы та йс сфæлдыстадон куыстыл. Историчы цæстæнгасæй кæсгæ- йæ, цыппор азы уый бæрц не сты, сфæлдыстадон цæстæнга- сæй сæм куы кæсæм, уæд та иæм фæкæсдзысты стыр рæстæг. Ахæм рæстæджы вæййы къуыхцытæ дæр æмæ æнтысындзинæдтæ 0
дæр. Лфтæ зæгъæн ис Бекъойы фырты сфæлдыстадоп фæидатæй дæр. Æрмæст дызæрдыггæнæн иæй иу хъуыддагыл: уый кæддæриддæр >ыдис раст фæпдагыл лæуд, иудадзыгдæр тырныдта æмæ тырпы размæ. Æмæ философы загъдау, «цæмæй политикæйы рæдыд ма руадзай, уый тыххæй кæсын хъæуы фæстæмæ нæ, фæлæ - размæ. Æмæ цы хъауджыдæр у, ацы дзырдтæ литературæмæ, сфæлдыс- тадмæ куы хауой, уæд. ПУХАТЫ Алыксандр.
ФЫЦЦАГ СÆР ГЫЦЦИЙЫ ЦÆССЫГТÆ Уыцы бон цæйдæр тыххæй раджы ’рцыдтæн куыс- тæй. Хæдзары никæй æрбаййæфтон. Зæлинæ (уый мæ бинойнагæй зæгъьш) нырма куыстæй не ’рцыди. Мæ зæронд гыцци та, æвæццæгæн, искуыдæм йæхи аир- хæфста. Науæд та нæ сыхаг зæронд ус, гыццийы æм- гар æмæ рагон хæлар Азауимæ бады. Уæдæ цы кæна» йæ зæронд лæг курорты ис, сывæллæттæ скъолайы сты, æмæ иунæгæй фæлмæцы. Сбадтæн рудзынджы раз, мæ цæстæнгас скодтон уынгмæ. Хæрзчысыл ма куы уыдтæн, уæдæй нырмæ уарзын рудзынджы раз бадын, ардыгæй уынгыл мæ цæстæнгас хæссын. Не стыр фатеры мын ацы ранæй уарзондæр къуым нæй. Мæ хъуыдытæ мæ аскъæфтой сæ цырд базыртыл. Уайтагъд мæ балæууын кодтой ме ’взонгады боиты къæсæрыл. Мæ цæстыты раз кæрæдзийы фæдыл арæгъ сты мæ æрыгон царды нывтæ. Хъуыды ма йæ кæнын, уæд ахуыр кодтон æвдæм 9
къласы. „Ахуыр кодтон’', зæгъгæ, уын æгæр стыр ны. хас у. Растдæр зæгъгæйæ, цыдтæн æвдæм къласмæ. Æмæ-ну скъолаиæ куы ’рбаздæхтæп, уæд-иу абадтæн, цы чысыл уаты цардыстæм, уый рудзынджы раз. Цынæ хъуыдытæ, цынæ бæллицтæ-иу мæм фæзынди! Уыцы бон дæр мæнæ афтæ бадтæн мæ уарзон бына- ты. Цæйдæр тыххæй мæ йæхимæ нæ ласта уынг. Суанг ма хæргæ дæр ницы бакодтон, скъолайæ ’рбацæугæйæ — ницы агуырдта мæ зæрдæ. Сæ быны мæ скодтой ца- вæрдæр æнкъард хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ сагъæстæ. Æвæццæгæн та мæ уый агъоммæ гыцци кæй æрæхсæс- та, уый тыххæй мын ис ахæм зæрдæйыуаг. Уæртæ уынджы фаллаг кæрæтты ’рбацæуынц Хазби æмæ Будзи. Будзи йæ къухтæ куыд дардыл тылдта, уымæ кæсгæйæ, зын бамбарæп нæ уыди, цыдæр зæр- диаг ныхас кæй кодта йе ’мбалæн. Нæ рудзыиджы ком- коммæ куы ’рбахæццæ сты, уæд дзыхълæуд фæкодтой/ Æввахс балæууыдысты кæрæдзимæ, цыма сæ иу иннæ- мæн цыдæр диссаг æвдыста, афтæ фæгуыбыр кодтой сæ сæртæ, æмæ уазал уæлдæфы фæзынди фæлурс фæздæджы дыууæ къæбæлдзыг бындзыджы. „Дымынц та\ — куы ахъуыды кодтон, раст уыцы рæстæг Хазби йæ къухæй ацамыдта нæ рудзынджы ’рдæм. Стæл та мæм афтæ фæкасти, цыма сæ чидæр æрбахъæр кодта- „Инал!", зæгъгæ. „Æвæццæгæн та киномæ цæуынц æмæ сæ фæнды, æз дæр семæ куы ацæуин, уый",— ахъуыды кодтон мæхинымæр. Рацыдтæн тыргъмæ. Уайтагъд мæ къæхтыл Ю
февзæрдысты, хæрзæрæджы мын гыцци æфстау æхЦайæ кæй балхæдта æмæ, уалдзыгон фыдхаст сæгъы фæрстау чи ныллæгуынтæ, рыджы бæзджын цъар кæуыл сбадти уыцы сау туфлитæ. Акодтон, знон мын Æхсар æгънæ- джы мыггаг цы къандзолыл нал фæуагъта, уый. Дуар мæ фæдыл рагуыпп кодтон æмæ фæдисы згъорд акод- тон асиныл уырдыгмæ. — Цавæр фæдис у, лæппу, æви ацы асин ныссæт- тын дæ бар бакодтой?—уайдзæфы хъæлæсæй мын загъта нæ сыхæгты зæронд лæг. Стæй мæм дисгæнгæ ныккасти æмæ мæ бафарста, мæ галиу уæрагмæ амонгæйæ: — Науæд цы уагæй цæуыс уынгмæ? Æркæс-ма дæ дарæсмæ... Æваст фемдзаст дæн мæ уæраджы чъиримæ æмæ æндзыггондæй аззадтæн мæ мидбынаты. Стæй сæргуы- бырæй схылдтæн иæ фатермæ. Раздæрæй ноджы æн- къарддæрæй сбадтæн рудзынджы раз. Æцæг, ацы хатт уынгмæ нал кастæн—нал мæ фæндыди Хазби æмæ Бу- дзийы фенын: цы бирæ фыдбылызтæ æмæ мыл æнамонд- дзинæдтæ цыдис, уыдоны фылдæр хай уыдысты сæ дыууæйы аххосæй. Бадтæн сæргуыбырæй. Чысыл раздæр тыхамæлттæй цы æнкъард хъуыдытæй фервæзтæн, уыдон та мæм фæстæмæ ’рыздæхтысты. Сæ дæрзæг базыртыл мæ куы иуæрдæм аскъæфынц, куы — иннæрдæм. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ касти, цыма мæнæй мæгуырдæр, мæ- нæй æнамонддæр лæппу нæй а-дунейы æмæ дзы никуы дæр уыди. Бынтондæр раст нæ цæуы мæ цард, мæ П’
хъуыддаг. Алыбон дæр мæм æнæмæиг исты маст, исты æнамонддзинад хъуамæ* ’рхауа. Æмæ та стæй гыццийы загъд-заманамæ хъус. Кæс ын йæ цæссыгтæм. Æмæ йæм уый бæрц цæссыг кæцæй цæуы, диссаг уый у. Уыцы цæссыгты фæлтау мæм ноджы тынгдæр куы хæ- цид, фæлтау мæ лæдзæгæй дæр куы нæмид, уæд мын, æвæццæгæн, æнцондæр уаид. Фæлæ уыцы цæссыгтæ! Уыцы судзгæ цæссыгтæ! Ставд æртæхтæ, хуыртау, куы æрæзгъорынц мады фæлмаст уадултыл, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма мæ зæрдæмæ тæдзынц æмæ дзы, судзинтау, ныхсынц. Иу изæр (уьшы хатт цæйдæр тыххæй уынгмæ нæ рацыдтæн) нæ дуар чидæр æрбахоста. Мæ мад æм ауади. — Уый Азау куы дæ. Мидæмæ нæм рахиз, — дуары зыхъхъырæй æрбайхъуысти мæ мады ныхас. Уайтагъд базыдтон, Азау цы хъуыддаджы фæдыл æрбауади, уый. Тынг фæфæсмон кодтон, ацы хатт хæ- дзары кæй баззадтæн, ууыл. Ныртæккæ гыццийæн ра- хъаст кæндзæни мæнæй. Мидæмæ ’рбахиздзысты æмæ мæм гыцци хæцын райдайдзæни Азауы раз. Ам куынæ уаин, сæ ныхас сын куынæ хъусин, уæд цыфæнды дзурæнт. Фæлæ цьшпæрдæсаздзыд лæппу, Будзийы загъдау, хæрæджыйас лæг у. Сæргуыбырæй лæуу æмæ хъус гыццийы уайдзæфтæм, кæс ын йæ судзгæ цæс- сыгтæм! — Фарн уæм бахизæд, Сæниат, фæлæ дæ хæдзар- дарæг кæм ис? (Уый мæн хоны афтæ. Фидис мын кæны, 12
цыма, мæнæй хъауджыдæр, йæхи лæппу, Æхсар кæд сси хæдзардарæг!) — Дæумæ фыдзæрдæ чи дары, Азау, уый æндæр хæдзардарæг ма фенæд! — Ныр та мæм* æрбайхъуысти гыццийы кæуынхъæлæс. — Цæмæн æй агурыс? Æви та... — Уæд мæ иунæг хойы ингæны ныккæсон, Сæниат, кæд уыйау адджын нæ дæ мæ зæрдæйæн. Нæ мæ фæнды, не ’хсæн зулдзыхы ныхас дæр рауайа, — мæ мады ныхас фæлыг кодта Азау. — Цас мæстытæ дын кæны, куыннæ дын сæтты дæ лæппу, уый зонын. Фæлæ ма йæ мæн тыххæй иу хатт бафæдзæхс. Мæ сывæл- лоны мын æнæтугæргæвст кæны. Æрвылбон нæмгæ, æфхæргæ. Лæппу мын йæхæдæг иицы хъæр кæны, фæлæ мын сæ се ’мбæлттæ фæдзурынц... Азау йæ хъæлæс фæныллæгдæр кодта æмæ мæм нал хъуысти, не ’мбæлттæ йын цы дзырдтой, уый, фæлæ мæхæдæг хорз зыдтон, цы йын загътаиккой уыцы дзæгъæлдзыхтæ, уый. — Æмæ дзы æз цы аххосджын дæн? — ахъуыды код- тон мæхинымæр. — Æндæрæбон къамтæй хъазыдыстæм Æхсаримæ, йæ дыууæ сомы йын рамбылдтон. Уæд мæм уып ныууырдыги: „Æри мын ме ’хца, æри, æри!" Мæ мад, дам, мыи сæ чингуытæ балхæныны тыххæй радта. Æмæ, зæгъын, уый цы мæ хъуыддаг у? Кæд дын сæ чингуытæн радта, уæд сæ балхæдтаис. Чи дæ къамæй хъазæг кодта? Хъазт хъазт у, æмбылд та —æмбылд. Рамбылдтон сæ æмæ ныр дæу нал сты. Мæнæй та сæ Будзи амбылдта æмæ сæ æз дæр фæстæмæ курон дæу- мæ гæсгæ? 13
Къуыри раздæр мæм гыцци æртæ сомы радта, ауай дуканимæ æмæ сæкæр æрбадав, зæгъгæ. Ацыдтæп. Дуканимæ нæма бахæццæ дæн, афтæ кæйдæр хæдзары фæскъулмæ, къамтæй хъазгæ федтон Будзи, Хазбп æмæ иннæ лæппуты. Исдуг сæ цуры алæууыдтæн. Хъазт куыд цырендæр кодта, Будзи куыд фылдæр æхца æмбылдта, афтæ мæнæн дæр мæ зæрдæ цыдæр хъыдзы кæнын райдыдта. Мæн дæр хъазын сфæндыд, фæлæ мæ иу къухы армыдзыхъхъы æртæ сомы ба;.- хъывтон, цыма сын скъæфынæй тарстæн. Иннæ къухæй та хæцыдтæн, гыцци мæм сæкæрæн цы къаннæг хызын радта, ууыл. Мæхи æддæмæ ластон, фæндыди мæ уыцы фыдбылызы бынатæй тагъддæр ацæуын, фæлæ мæ къæх- тæ сæ бынатæй феккуырсын нал куымдтой, цыма зæх- хыл ныхæсгæ ныккодтой, уыйау. — Кæй ма уæ фæнды хъазын? — цы æхцатæ рам- былдта, уыдон батилгæйæ, бафарста Будзи худæндзас- тæй. Æмæ æнхъæлмæ касти, „мæн фæнды\ зæгъгæ. чи зæгъдзæни, уымæ. Фæлæ дзы ничи иицы дзырдта. Суанг ма Хазби дæр фæстæмæ алæууыди. Се ’ппæт дæр хæлæггæнæджы цæстæй кастысты Будзимæ. — Цæй-ма, никæй фæнды хъазын? Мæ армыдзыхъ- хъы туманæй къаддæр нæй, æмæ сæ иууылдæр æвæрын. Стæй мæнмæ фемдзасти: —- Ау, иу сом дæр дæм нæй? Ахъазæм. Тæрсгæ ма кæн. Æз ацы æхца иууылдæр æвæрын, ды та-иу сом. Цæй, р’æстæг мауал саф, иауæд цæуыи.—Æмæ æхцатæ цы къухы уыдысты, уый йæ дзыппы дтъыста. Мæ зæрг 44
^ыл æрбалæууыди, иу хатт ын æртæ суарийæ йæ сом куыд амбылдтон, уый. „Чи зоиы, ныр дæр афтæ рауа- йаи,— ахъуыды кодтон æмæ ме’ртæ сомæй иу фæхи- цæн кодтон. Æмæ йæ куы амбылдта Будзи, уæд æрæ- вæрдтон дыккаг, стæй æртыккаг сом дæр, Иннæ ’хцатимæ ме ’ртæ сомы дæр Будзийы дзыппы ’куы смидæгысты, уæд, цыма мæ дыууæ цæсты дæр уыцы дзыппы ныххаудтой, афтæ фæдæн. Скæуынмæ мæ бирæ нал бахъуыди. Фæлæ сæ иугæр амбылдта, уæд сæ фæстæмæ нал куьтрдтон. Сæргуыбырæй ацыдтæн пæхимæ. Бузныг гыццыл Зариффæйæн: фæтæригъæд мын кодта. Уый агъоммæ йын нæ мады ’фсымæр цы цалдæр сомы радта, дæхицæн сæ исты балхæн, зæгъгæ, уыдо- пæй мын йæ цæст бауарзта æмæ сæкæр не ’рхастон гыццийы ’рцыдмæ, зæгъгæ, уæд та уый куыд хыл код- таид, уый мæ цæстытыл уайы. Ныр Æхсар мæ разы ныллæууыди. Размæ акъах- дзæф кæнын мæ нал уадзы, æри мын ме ’хца, зæгъгæ. Стæй мыл йæхи андæгъта. Ратоы-батон мæ райдыдта: абырсынмæ мæ хъавыди. Мæ къандзолы ’гънæджытæй иу аскъуыдта. Уый йын ныххатыр кодтон. Фæлæ мæ- хæдæг æлгъитын нæ зонын, мæ цæрæнбонты никуы никæй мады ралгъыстоы, стæй мæхи мады ’лгъыст дæр никæмæн ныххатыр кæндзынæн. Гъе, æмæ мын мæ мады куы ралгъыста, уæд феррагонд дæн. Контролон куысты рæстæджы мын цы ’ххуыстæ фæкæны, уыдон Дæр мæ айрохысты. Цыбыр дзырдæй, мæ къух æм Лэгæр аирвæзти. \Ь
Абон дæр та мæм хъыззы-хъыззы кодта. Дзырдтон ын, лæгъзтæ йын кодтон. Фæлæ та уыцы мадæлгъыст! Æмæ та уæд мæ къухтыл нал сауæрстон. Чысыл йæ фындзы сырх акалди, былтæ дæр арæсыдысты. Ныр мыл йæ мад хъаст кæны гыццимæ, æмæ та дзы загъд цæттæ у. Цæсты бынтæ та суадæттæ хъуамæ фестой. Фæлæу, базонон уал, Æхсары фæнады хабар йæ мадæн чи радзырдта, уыдоны. Хазби æмæ Будзи ницы радзырдтаиккой, уый хорз зонын. Уыдон сæхæ- дæг дæр нæ уарзынц Æхсары, хæлиудзых, хуылыдзæй ивæзт æй хонынц. Уæдæ чи уыдаид? ■ Æвæццæгæн, уыцы хуымæллæджы хъилы хуызæн Тузар æмæ хæлын- хъус Саламæй чидæр уыди. Куы хъазыдыстæм, уæд, стæй хылы рæстæг дæр уыдонæй дарддæр нæ цуры ничи уыди. Тузары разæй дæр мæ Саламæй уырны ахæм æдзæсгом хъуыддаг. Багъæц, уыцы дывзагон Салам! Æз дын ахæм „салам" ма раттон, æмæ... Дуар байгом ис. Йæ цæссыгтæ сæрфгæ, æрбахызти гыцци. Исдуг мæм фæкасти æнцад, æнæдзургæйæ, цыма мæ фыццаг хатт федта. Стæй та мæ æнæвгъау рай- дыдта æхсæдын. Нæмгæ мæ, миййаг нæ кодта. Фæлæ йæ уайдзæфтæ, йæ цæссыгтæ! Уыдон лæдзæджы надæй фыддæр уыдысты. Уымæй дæр ма йæм мæхицæй дард- дæр ничи хъусы, загъды рæстæг хæдзары нæ дыууæйы йедтæмæ ничи ис, зæгъгæ, уæд ма-иу быхсин, уромиц, фæлæ алы хатт дæр гыцци загъд райдайы, мæ гыццыл хо Зариффæ йæ уроктæ куы фæцæттæ кæпы, раст уыцы рæстæг. Зариффæмæ амонгæйæ мын цал æмæ цат 16
хатты загъта гыцци: „Бакæс-ма уæртæ уыцы сабимæ. Ныхысæрыйас йедтæмæ нæма у, фæлæ куыд æмбаргæ у. Ахуырмæ йæ уд куыд дæтты, æмæ ды та?.." Уыцы ’хсæв дæр та гыцци схуыссыди æххормагæй, цæссыгтæкалгæ. Гыццийы цæссыгтæ уынгæйæ-иу мæм цæйдæр тыххæй афтæ касти, цыма уыдон цæссыгтæ ие сты, фæлæ йæ зæрдæйы тугтæ уайынц фæлмас цæс- гомыл. Раст куы зæгъæм, уæд, гыцци йæхи цас фефхæры, стæй мæнæн цас уайдзæфтæ фæкæны, уый бæрц æвир- хъау фыдуагдзинад дæр ницы бакæнын, хъуыды код- тон мæхинымæр. — Зæгъæм, иу бон мын Будзи бапирос авæрдта. Æз ма йын йæ дымын дæр нæ зыдтон. Судзгæ дæр мын æй йæхæдæг скодта. Дыууæ, æртæ улæфты дзы скодтон тагъд-тагъд, Будзи мын куыд бацамыдта, афтæ. Уайтагъд мæ улæфæнтæ ахгæдтой, хуыфæг мæм фæмидæг ис, цæссыгтæ фемæхстысты. Стæй мæ сæр афтæ разылд, раст цыма зилгæ куыройы фыдыл абадтæн. Æрдæгдымдæй йæ иуварс фехстон. Хазби мæм уайдзæфгæнæджы цæстæй бакасти. Систа бапирос, йæ рыгтæ йын асæрфта, ахуыссын æй кодта æмæ мын æй мæ дзыппы ныппæрста. Стæй йæ мидбылты бахудти æмæ ма мæм æрбадардта спичкæйы къопп дæр. Уый фæстæ хъазыныл фæдæн лæппутимæ æмæ мæ зыбыты рох фæци, Хазби æмæ Будзи мæ дзыппы цы „хæзна" нывæрдтой, уый. — Гъе, æрмæст ма мæнæ ацы хæрзиуæг цух уыдтæ, иннæтæй æхх^^^^^^^æр^щт^щ^^атрос мын мæ 2* 17
фындзы размæ бахæсгæйæ, дзырдта гыцци æмæ та цæссыгтæ, хуыртау, æртылдысты йæ уадултыл. — Цыми ма дын бæкæнон? Цавæр æвзагæй ма дзурон демæ? Æви мын мæхи марын кæныс?! — Стæй бапирос ахæм æууæрст акодта йæ куыствæллад æнгуылдзтæй, цыма йе ’ппæт мæстытæ дæр уымæп сисынмæ хъавыди. Ис- дуг æнцад алæууыди, йæ армыдзыхъмæ, æдзынæг кæс- гæйæ. Стæй цæхгæр фæзылди тæвд пецы ’рдæм, дуар фегом кодта æмæ, уый агъоммæ къамтæн куыд бакод- та, афтæ та тамако дæр баппæрста цæхæры. — Ахуырмæ æндзыг у, фæлæ йыл фыдбылызæрдæм базыртæ базайы. Тамако дымын кæнæ къамæй хъазын пайда куы уаиккой, уæд уæртæ Æхсар æмæ Додикдæр цымиккой. Нæ сæ ферох уаид къамтæй хъазындæр... — Æз нæ дымдтон. —■ Гыцци мыл нæ баууæнддзæни, уый зыдтон, фæлæ уæддæр бафæлвæрдтон мæхи сраст кæныныл. Фæлæ мын мæ къæзгæ ныхас фæлыг кодта: — О, бæллæхы лæппу фæуай! Къамтæ дын Хазби нывæрдта дæ дзыппы, тамако æмæ спичкæтæ - Будзи, Хадизæты дзыккутæ мæ фыды фыд фæрайваз-байваз кæпы. Дæ уроктæм æркæсыны бæ:ты уынгты кæй лек- ка кæчыс, уый та, æвæццæгæн, уæ директоры аххос фæкæндзынæ. Уæдæ ма дзы дæхи аххос та цы у, дæхи аххос?!.. Æхсары мад Азау куынæ ’рбадзырдтаиц кæртæй æмæ уымæ куынæ ауадаид гыцци, уæд ма мын цас фæ- уайдзæфтæ кодтаид ноджыдæр, уый чи зоны. — Тæхуды, Инал, ды дæр ма мын чызг куы фæуы- 18
даис. Уæд куыд амонджын уаин, — Азауимæ ныхасы фæстæ, хæдзармæ ’рбацæугæйæ, загъта гыцци æмæ та йе стыр цæстытæ доны разылдта. „Уый та дын ног уайдзæф — „ды дæр ма мын чызг куы фæуыдаис!".. Исчи дæр ма лæппуйы бæсты чызг- мæ фæбæллы!" Зариффæ, æцæг сабыр, коммæгæс у. Бонизæрмæ йæ цуры куы фæбадай, уæддæр дзы уæлдай сыбыртт, æнæбынат ныхас нæ фехъусдзынæ. Скъолайæ æрба- цæуы. Чысыл аулæфы, стæй сбады æмæ, цалынмæ йæ уроктæ биноныг нæ сахуыр кæны, уæдмæ архайы.' Уый фæстæ та бавналы къуымтæ æфснайынмæ. Цæмæй нæ мады ’рбацыдмæ хæдзары æппæт дæр йæ уагыл уа. Гъе, æмæ дзы куыннæ хъуамæ æппæла гыцци? Куыннæ бæлла, æз дæр ма чызг куы уаин, уымæ. Æвæццæгæн, афтæ кæныпц иннæ чызджытæ дæр. Гъе, æмæ Зариффæ дæр кæд мæнæй æртæ азы кæс- тæр у, уæддæр чызг у, æмæ хъуамæ хæдзары зылдты- тæм арæхса. Стæй чызгæн, æвæццæгæп, фыдуаг митæ- гæнæн дæр уый бæрц нæй: уый дын къамæй нæ ахъаз- дзæн æхцайыл, йæ мад ыи чиныг балхæнынæн цы ка- печчытæ радта, уыдон никæмæн амбулын кæндзæн. Чызг нæ фæразгъор-базгъор кæны гæлæбуты, бæлæтты кæнæ та къæбылаты фæдыл. Цъиуты ахстæттæ агурæг пæ фæбыры бæлæстыл æмæ, мæнау, уым йæ дарæс нæ ныскъуыдтæ кæны, æнæарæзтæй нæ баззайынц йæ уроктæ. Йæ дзыппыты йын ничи ссары бапнростæ æмæ спичкæтæ. 19
Мæ зæрдыл та æрбалæууыди, абон мыл цы бæллæ- хы хабар сæмбæлд, уый. Фæци фæстаг урок. Райхъуыс- ти дзæнгæрæджы зæлланг. Цыма мæ бæттæнæй фе- уæгъд дæн, уый гæпп фæкодтон мæ бадæнæй. Цæсты фæныкъуылдмæ февзæрдтæн даргъ, нарæг къалидоры# Мæ разæй, схуыстытæгæнгæ, ахастон, ахуыргæнинæг- тæй уым кæй раййæфтон, уыдоны. Къалидоры кæрон мæ размæ фæци нæ директор, йæ шляпæ йæ къухы, афтæмæй. Мæ сынæгæй йæ куыд акъуырдтон, уый нæ базыдтон. Фæлæ къæсæргæронæй фæстæмæ куы фæ- кастæн, уæд пъолмæ йæ худмæ куыд фæгуыбыр кодта, уыи бæстон федтон. Кæртмæ куы ратахтæн, уæд, сабыр ныхасгæнгæ, фæцæйцыдысты æндæр къласы чызджытæ. Хъæрццы- гъайау, се ’хсæн фæмидæг дæн. Сæ иуы мæ сынæгæй асхуыстон, иннæмæн йæ дзыккутæ айвæзтон. Сæ хъæр, се 4рдиаг ссыди. Стæй бруйы сæр февзæрдтæн. Бæх- бадт ыл акодтон æмæ уырдыгæй мæстæй мардтон уыцы чызджыты. Цæмæй зыдтон, директор мæм рудзынгæй кæсы? — Инал! —-мæ хъустыл ауади йæ тызмæг хъæр. Æд- дæмæ куы фæцæйгæпп кодтон, уæд мæ хæлафы фадыг цæуылдæр фæхæцыди. Бруйы иннæ фарс хъæбæр зæх- хыл мæ тъæпп фæцыди. Æркастæн æмæ мæ хæлафы фадыг, суанг уæраджы чъирийы онг сфасти æмæ ’рзæ- бул, пылы хæлын хъустау. — Цалынмæ дæ мады демæ ’рбакæнай, уæдмæ дæ скъолайы кæртмæ рбахизгæ куыннæуал фенон! — топпы 20
нæмыгау мыл фæстейæ сæмбæлд директоры æртхъирæн. „Уæддæр хорз у, æмæ Зариффæ ам нæй, — хъуыды кæнын мæхинымæр. — Фæлæ куы ’рбацæуа, мæ уæраг мын гомæй куы фена! Æцæг ардауаг нæу, фæлæ мыййаг гыццийы хъусты куы бацæгъда хабар!и Нæ мад, йе ’идæхтæ æмæ судзинтæ кæм дары, уый куыннæ зонын. Уайтагъд ссардтон, цы мæ хъуыди, уый æмæ хуыйын райдыдтон мæ хæлафы фадыг. Бакæнын хъуыди афтæ, цæмæй мæ уыцы хуызæнæй Зариффæ дæр ма ’рбаййафа æмæ гыцци дæр. Ахæм фæ- дисы архайд кодтон, мæ цæрæнбонты фыццаг хатт цы дзаума райстол мæ къухмæ уыимæ, æмæ мæ хид лæ- сæнтæ кодта. Æппынфæстаг, фæдæн мæ уæззау куыст, кæд судзины бырынкъæй ныххуынчъытæ сты ме ’нгуыл- дзтæ, уæддæр. Рог сулæфыдтæн. Бацин кодтон, фæлæ уайтагъд фæтар ис мæ цин: мæ хуыд рауади зылын- мылынтæ, сыхуылтæ. Цы ма акодтаин, уый нал зыдтон. Ногæй та аныгъуылдтæн катæйтты. „Цæуон гыццийы мадмæ (æввахс нæм царди), æмæ йæ уымæн бахуыйын кæнон",— бирæ фæрахъуыды-ба- хъуыдыйы фæстæ алыг кодтон æмæ бацин кодтон мæ уыцы фæндыл. Стæй та мæхимæ мæсты дæр радæн, уыцы хъуыды мæм раздæр кæй не ’рцыди, уый тыххæй. Гыццийы мады сæ хæдзары нæ баййæфтон. Фæстæ- мæ катайгæнгæ раздæхтæн. ’ „Цы бакæнон? Нæхимæ ацæуон? Æмæ ныр, æвæц- Дæгæн, Зариффæ дæр хæдзары ис. Йæ цæстæн- гасæй ницы ирвæзы. Базондзæн хъуыддаг æмæ йæ 21
гыццийы хъусты куы бацæгъда, — хъуыды кæнын, зонгæтæй мæ куыд ничи фена, афтæ фæсфæд- уынг- ты цæугæйæ. — Зариффæйæн балæгъзтæ кæндзынæн, цæмæй мæ ма сардауа. Куынæ коммæ кæса, уæд æм мæ тымбыл къух дæр бавдисдзынæн, дæ дзыхыл хæц, зæгъгæ, ...фæлæгыцци йæхæдæг куы фена мæ хæлаф, куы мæ ’рфæрса, кæм æй ныппырх кодтай, зæгъгæ, уæд ын цы ’фсон скæндзынæн? Æви йын æппæт дæр æргом радзу- рон? Балæгъзтæ йын кæнон, ацы хатт ма мын ныххатыр кæн, афтæ никуыуал бакæндзынæн. Мæн тыххæй дæм уайдзæф никуыуал æрхаудзæни, зæгъгæ. Æниу ын цал æмæ цал хатты радтон ахæм дзырд! ■ Цал хатты йын загътон „афтæ никуыуал бакæндзынæн", зæгъгæ, фæлæ та мæ уайтагъд æрбайрох вæййы. Нæй, нал мыл баууæнд- дзæни гыцци, нал мын ныххатыр кæндзæни. Тæрсын, ацы хатт куы сæххæст кæна йе ртхъирæн: æцæг мæ куы арвита фыдуаг сывæллæтты калонимæ...Искуыдæм фæлидзин? Фæлæ кæдæм? Ацы уазалы кæдæм ис ацæ- уæн, уымæй дæр æнæхца, æнæхъарм дарæсæй? Ех, цы мæгуыр, цы ’намонд дæн! Ахæм царды бæсты амæлын бирæ хуыздæр у. Доны мæхи ныппарин, фæлæ ацы тъæнджы мæй уым куыд уазал уыдзæни, уый мæ цæс- тытыл уайы. Адæймаг дзы минутмæ асæлдзæни"... — Мæнæ цы уынын! Дæ хæлаф дын æрра куыйтæ ныскъуыдтæ кодтой, æви стонг бирæгътæ? — куыддæр къæсæрæй бахызтæн, афтæ ныддис кодта Зариффæ. — Æркæс-ма дæхимæ, кæй хуызæн дæ! Искæимæ та фæ- хыл дæ? 22
Æз та ногæй фемдзаст дæн мæ хæлафы фадыджы æмпылдтæ æмæ сыхуылтæм. Фæгуыбыр кодтон, айвæз- тон æй, кæд, зæгъын, гыццыл фæлæгъздæр уаид. Мæ хъустыл ауади æндахы къæс-къæс. Хæлафы фадыг та фæйнæрдæм фæсаджил ис. Гомæй та аззадис мæ уæраг. Зариффæ худæгæй бакъæцæл. Йæ ивазгæ цъæхснаг дзырдтæ, туасы бырынкъау, ныхстысты мæ зæрдæйьг. — Цы кодта дæ хæлаф, лæппу? Дæу куы фæрсын! „Æвæццæгæн, гыццийы фæзмы. Уый дæр тынг куы смæсты вæййы, уæд мæм мæ номæй нал фæдзуры, фæлæ „лæппу, лæппу" райдайы",-—ахъуыды кодтон мæхи- нымæр æмæ тызмæгæй бакастæн мæ хомæ. — Дæ дзыхыл хæц, бур хæйрæг. Фæдзæхсын дæ, гыццийæн исты куы зæгъай, уæд дæ хъуыддаг тынг æвзæр рауайдзæни! — бартхъирæн æм кодтон æмæ æн- дæр хæлаф агурын райдыдтон. — Дзæгъæлы агурыс. Дысон цъыфæзмæстæй куы ’рцыдтæ, уæд æй гыцци тасы ныппæрста. Диссаг уэ ъыфы уый бæрц кæм сæвдылыс! — сагъæсгъуызæй мын бамбарын кодта Зариффæ, стæй цщдæр ахъуыды кодта æмæ ма бафтыдта: — Гыццийæн æз ницы зæгъдзынæн, фæлæ йæхиуыл цæстытæ ис æмæ йæ фендзæн. Раст загъта Зариффæ. Гыццийы цæстæнгасæй ницы ирвæзы. Æрвылæхсæв бæрæг фæкæны мæ пысулты. Æмæ, дзы исты нывыл куынæ вæийы, уæд æй цалын- мæ ’рбæстон кæны, уæдмæ хъуамæ бада, архайа. — Ныртæккæ ласгæ дæ дарæс æмæ хуысгæ!.. Дæ 23
мæт мæ нæй, фæлæ та гыцци... Ласгæ дæ дарæс, хæлиу- дзыхæй цы лæууыс! Хæлаф æрн мæнмæ. Æз æм æр- кæсон, — æмбаргæ адæймаджы загъд мын кодта Зариф- фæ, йæ къух мæн æрдæмæрбадаргæйæ. — Фыпæйæфсоп скæн. Стæй гыцци куы ’рбацæуа, уæд ын æз зæгъдзы- нæн, Инал фæрынчын ис, йæ сæр тынг риссы, зæгъгæ... Тынг стонг уыдтæн, фæлæ Зариффæйы ныхасыл дыу- уæ нал загътон. Феппæрстон мæдзаумæттæ æмæ хъæц- цулы бын аныгъуылдтæн. Чысыл фæстæдæр мæм ин- нæ уатæй æрбайхъуысти хуыйæн машинæйы уынæр. „Ех, схуыссыны агъоммæ исты куы бахордтаин, уæд бирæ аивдæр рауадаид", — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ та мæ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы боны цау- тæ, хъаугъатæ. Мæ хъустыл та ауади директоры тыз- мæг ныхас: „Цалынмæ дæ мады демæ ’рбакæнай, уæдмæ дæ скъолайы кæртмæ рбахизгæ куыннæуал фенон". — Цы уыди, авд ахæмы хуыздæр фестади дæ хæлаф, Инал, —- ме ’нкъард хъуыдытæй мæ фæцух кодта Зариф- фæйы æппæлой ныхас. Фæбадæг дæн мæ сынтæгыл. Бæстон æркæстытæ кодтон Зариффæйы куыстмæ. „Цы уыди, авд ахæмы хуыздæр", кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фестади хæлаф: машинæйы сынчытæ дыууæ раны зул-мултæ рауадысты. — Ды мын куынæ уаис, мæ дзæбæх хо, уæд мæ, æвæццæгæн, дон нæ дæр дæлæмæ ласид, нæдæр уæлæ- мæ! — чысыл фæхъæлдзæгдæр дæн, афтæмæй загътон Зариффæйæн. Хъуамæ фестадаин, мæ дарæс акодтаин, 24
исты ахордтаип æмæ уынгмæ азгъордтаин. Фæлæ уыцы рæстæг æрбайхъуысти тыргъы дуары хъинцъ. Афтæ мæм фæкасти, цыма зæххыл нæ тыргъы дуа- рæй хуыздæр дуар нæй — цал æмæ мæ цал хатты фер- вæзын кодта фыдбылызæй! Мæхицæй дарддæр æм исчи къухæй февнæлдта, зæгъгæ, уæд йæ фæдис хъæр рай- хъуысы. Æнæхъæрæй йæ бакæнай, уый гæнæн нæй. Гыцци æрбацæуы, зæгъгæ, уæд дæм фæфæдис уыдзæ- ни тыргъы дуар: „Дæхи хъахъхъæн, Инал, дæ мад æр- бацæуы æмæ акæс дæ алвæрстæм, æнæпъланæй дæ ма рбаййафæд!" Æцæг мæм иу рæстæг афтæ касти, цыма махæй æв- зæрдæр дуар никуы никæмæн уыди. Цæмæн? Уымæн, æмæ гыцци хæдзары ис, афтæмæй мæ искæдæм ауайын бафæндыди (кæй зæгъын æй хъæуы, йе ’вастæй), уæд- иу йæ хъыллистæй хæдзар йæ сæрыл сцæйиста. Æмæ та-иу райхъуысти гыццийы сабыр хъæлæс: „Инал, ма- куыдæм ацу, дæ уроктæм æркæс". Иу цалдæр хатты ма, гыццийы сусæгæй, фæтæген дæр ныккодтон дуары зиллæттыл, фæлæ уæддæр бирæ нæ фæкъатдæр ис йæ хъæр. Фæстагмæ йын æрымысыдтæн æндæр фæнд: чысыл хæрдмæ фæхæцыдтæн дзæгъæлдзых дуарыл, æмæ бай- гоми æнæсыбырттæй. Уæдæй фæстæмæ æнæсыбырттæй мæ коммæ кæсы. Фæлæ йæ гыцци кæнæ Зариффæ кæ- ны, зæгъгæ, уæд мард дæр райхъал уыдзæнийæ хъæрмæ. Гъе, æмæ та ныр дæр дуары хъæр куы фæцыди, уæд мыл йæ къухтæ стылдта Зариффæ: — Гыцци æрбацæуы! Æрхуысс æмæ хъæццулæй 25
дæхи æрныуæрд! — йæхæдæг ауади гыццийы размæ. Ногæй та абырыдтæн хуыссæны. Мæ сæр. атыхтон хъæццулы æмæ ныхъхъус дæн. Райдыдтон хъæрзын, тыхулæфт кæнын. — Кæм тэ ис нæ дзæгъæлдзу? Иæ уроктæм æркас- ти: — æрбайлъуысти гыццийы ныхас. Зариффæ дзуапп раттын нæма бафæрæзта, афтæмæй мæ мад фемдзаст ис мæ хуыссæнмæ. — Цæмæн хуыссы ацы лæппу? — тарст хъæлæсæй афарста. — Исты дзы риссы миййаг? — Йæ сæр, — тыхст хъæлæсæй дзуапп радта Зариф- фæ... — Мæ къонайыл! — фæтарсти гыцци æмæ ’рбазгъорд- та мæ сынтæджы размæ. Фæгуыбыр мæм кодта. Мæ ныхыл авæрдта йæ фæллад армытъæпæн, стæй та йæ уадул. Тынг фæтæригъæд кодтон мæ мадæн. Хъуамæ фæ- гæпп кодтаин, ницы мæ риссы, зæгъгæ, йын загътаин, æрсабыр æй кодтаин, фæлæ Зариффæйы куы бафхæра, цæмæн мæ фæсайдтай, зæгъгæ, уымæй фæтарстæн, æмæ ныуурæдтон мæхи. — Исты бахордта? — гыцци тыхст хъæлæсæй афарс- та Зариффæйы æмæ та мæ ныхыл авæрдта йæ къух. — Иунæг къæбæр дæр йе ’мгæрæтты нæ ауагъта. — Мæ къонайыл! Æмæ йыл цы ’рбамбæлди? Цы йæм рауади? Гыцци ауади хæринаггæнæнмæ. Уым цыдæр архайд- та, афтæмæй хъæрæй хъуыды кодта: 26
— Цы кодтаид, цымæ? Кæд дзы уазал бацыди уыцы тæнæг къандзолы. Цы у мæ цард, йæ иунæг зæрдæ- дарæнæн абоны уонг хъарм пальто чи нæ балхæдта... Уый фæстæ мæ разы авæрдта тæвд хъайла æмæ дзулы кæрстытæ. Ныллæгъзтæ мын кодта уынгæг хъæлæсæй: — Дæ ныййарæджы ингæны ныккæс, мæ хъæбул, куынæ бахæрай! Мæхи мын ма амарын кæн. Хатын, лæгъзтæ кæнын мын бæргæ нæ хъуыди- Афтæ стонг уыдтæн, афтæ, æмæ уыцы бурфизонæг хъайла æмæ дзулæн цæстыфæныкъуылдмæ сæ бындза- рæй рухс суагътаин. Фæлæ... Мæ комыкъулты дон мыз- ти, афтæмæй тыхамæлттæй аздæхтæн къулырдæм. Мæ цæстытæ бацъынд кодтон, фæлæ уæддæр мæ цæстыл уади, тæвд хъайлайы фæздæг хæрдмæ куыд цыди, уый. Мæ фындзы хуынчъытæ хъыдзы кодта йæ хæрздæф. Цы ма акодтаин, уый нал ахста мæ сæр. — Зариффæ, мæ хъæбул! Дæ къах макæдæм авæр рынчыны цурæй. Æз дохтырмæ бауайон. Тагъд фездæх- дзынæн, — йæ цæссыгтæ сæрфгæ, бафæдзæхста гыцци æмæ федтæдуар. Æз фæзылдтæн, чысыл раздæр гыц- ци мæ разы цы бандон авæрдта хæринæгтимæ, уый æр- дæм. Фæлæ дзы хæринаг дæр нал уыди æмæ бандон дæр. Раст мын, цыма, мæ зæрдæ ахастæуыди, афтæ фæдæп. Зариффæ мæм исдуг æдзынæг фæкасти, йæ къæбæл- дзыг сæр сагъæсгæнæджы тылд кæнгæйæ, стæй мын уайдзæфтыл фæхæцыди: —■ Цымæ гыццийы искуы иу изæр æнæмаст, æнæцæс- 27
сыгæй ныууадздзыпæ?! Дæ ныййарæг мадæн дæр мауал тæригъæд кæнай, уый, æвæдза, æгæр диссаг у! — Дæхп аххос уыдн, Рынчынæфсон скæнын ды æры- мысыдтæ, -- афæлвæрдтон мæхи раст кæн&ныл. — Æмæ дыы дæ хæлафы фадыг дæр æз сфастон? Уый дæр мæн аххос уыди? Цы зæгъын ма уыди Зариффæйы уайдзæфы ныхмæ мæ бон. Кæй аххос мын уыди, скъолайы кулдуарыл ра- хизыны бæсты бæрзонд бруйы сæрты кæй бырыдтæн, уый? Æрмæстдæр мæхи æдылы сæры аххос! Уымæй дæр мæ директор куынæ федтаид, уæддæр ма цынæ вæййы. Фæлæ... Мæ хъустыл та ауади директоры мæсты ныхас: „Дæ мады куынæ ’рбакæнай, уæд..." „Цы кæидзынæн райсом? Куыд зæгъдзынæн гыцци- йæн, скъоламæ мемæ рацу, кæннод мæ нал бауадздзыс- ты, зæгъгæ? Науæд, дохтыр куы ’рбацæуа мæ мадимæ æмæ рынчынæфсон кæй кæнын, уый куы базона, уæд та?1" Мæ сусæг цинæн кæрон нал уыди, гыцци иунæгæй куы ’рбацыди, дохтыр бынаты нæ уыд, зæгъгæ, куы загъта, уæд. Фæлæ мæ райсом скъоламæ мæ мадимæ цæуын кæй хъæуы, уый æрбаймысгæйæ та æваст æр- байсæфти мæ цин. Ногæй та аиыгъуылдтæн раздæрæй уæззаудæр сагъæсты. Уыцы ’хсæв хуыссæг не ’рхæцыди гыццийы цæсты- тыл, мæгуыр! Цал æмæ цал хатты рахызти йæ хуыссæ- нæй. Къахфындзтыл-иу æрбацыди мæ цурмæ, цæмæй 28
мæ ма райхъал кæна. Бæстон-иу ныхъхъуыста мæ улæфтмæ. Йæ армытъæпæн-иу авæрдта мæ ныхыл, мæ уа- дултыл æмæ та-иу катайгæнгæ баздæхти йæ хуыссæнмæ. „Райсом гыццийæн куыд зæгъдзынæн, æнæ уый мын скъоламæ цæуæн кæй нал ис, уыцы æвирхъау хабар? Чи зоны, Зариффæйы фæрцы йын бамбарын кæнин. Фæлæ скъоламæ мемæ куы ацæуа гыцци, уæд базон- дзæни, бруйы сæрты кæй фæгæппытæ кæнын канд уый нæ, фæлæ ма, уыцы къуыри æртæ æвзæр бæрæггæнæ- ны кæй райстон, уый дæр. Директор ын æнæмæнг ра- дзурдзæни ме ’ппæт æнæуаг миты тыххæй. Базондзæн, ацы æхсæв рынчынæфсон кæй скодтон, уый дæр"... Æппæт уыцы сагъæстæй мæ фервæзын кодта гыц- ци йæхæдæг: райсом йæ куыстмæ куы цыди, уæд мын мæ разы сæвæрдта хæринæгтæ, стæй мæ бафæдзæхста: „Дæ хуыссæнæй ма рахиз, мæ хъæбул, скъоламæ цæ- уынвæнд ма скæн, науæд дæ ноджы уазал бацæудзæни æмæ мып мæ хæдзар байхалдзынæ. Æрмæст хæргæ бакæндзынæ. Гыцци дын амæлæд, куынæ бахæрай!.. Сихоры улæфты рæстæг дæм исты амалæй æрбауайдзы- нæн/абæрæг дæ кæндзынæн. Æз ниц’ы сдзырдтон, фæлæ куыддæр гыцци къæсæ- рæй ахызти, афтæ ахæм лæбурд фæкодтон, мæ разы мын цы хæринæгтæ фæуагъта, уыдонмæ, æмæ дзы ми- нутмæ къæбæр дæр нал фæзынди. „Ацы хатт хорз цæуынц мæ хъуыддæгтæ, — хъуыды кæнын райдыдтон, мæхи хорз куы сæфсæстон, уæд. —- Абон „рынчын" дæн, райсом хуыцаубон у. Иннæбон- 29
мæ нæ директорæй дæр кæд ферох уаид хъуыддаг. Ау, скъолайы цалдæр сæдæ ахуыргæнинаджы ис, æмæ сæ кæмæн цы фæзæгъы, уыдон къуыригæйтты йæ зæрдыл фæдары?!" Уыцы хъуыдыимæ ахæм фынæй бадæн, ахæм, æмæ цалынмæ Зариффæ скт^олайæ ’рбацыди æмæ тыргъы дуар ныззарын кодта, уæдмæ мæ къах дæр нал атылд- тон. Фыны, цыма, бацыдтæн скъоламæ. Директор мыл фембæлди кæрты. Нæ мæ бафарста, ^æ мад демæ цæ- уылнæ ’рбацыди, зæгъгæ. Уый нæ, фæлæ ма мæм, цыма, йæ мидбылты дæр бахудти. Фæлæ пæ ферох кодта директор: куыддæр æртык- каг бон скъолайы кæртмæ бахызтæы (ацы хатт бруйы сæрты нæ басæррæтт кодтоп, фæлæ сабыргай бацыд- тæн кулдуарыл), афтæ мæ разы февзæрди. — Дæ мад кæм ис, лæппу, демæ цæуылнæ ’рбацы- ди?—мæ хъустыл ауади йæ тызмæг фарст. — Куысты ис, — мæ къæхты бынмæ ныккæсгæйæ, дзуапп радтон æз æмæ мæхи рацæттæ кодтон мидæмæ бацæуынмæ. Фæлæ та мæм æрбадзырдта раздæрæй но- джы тызмæгдæрæй. — Цæугæ уал уæхимæ, лæппу, æмæ дæ мады куы февдæла, уæд иумæ ’рбацæудзыстут. — Стæй йæ хъæ- лæсы уаг фæфæлмæндæр кодта æмæ ма бафтыдта: — Афтæ аивдæр уыдзæнн. — Цы кæнон ныр? — Ныккатай дæн, мæ мидбынаты сагъдау аззайгæйæ. — Хæдзармæ ацæуон? Æмæ дзы 30
цы архайдзынæн? Стæй ныр Зариффæ дæр уым ис. Хынцфарст та мæ райдайдзæни. Гыццийæн исты куы срæдиа, уымæй дæр тас у... Скъолайы дзæнгæрæджы зæлланг ныййазæлыди кæм. дæр, къалидоры. Уырдыгæй нæргæ æрæзгъордта кæрт- мæ. Мæнау асæррæтт кодта бруйы сæрты æмæ бамы- нæг ис фæтæн æмæ, топпыфатау, раст уынджы. Ахуыргæнинæгтæ, хъæргæнгæ, æзфæраздæронæй, азгъордтой кълæстæм. Уæрæх кæрты астæу ма, михау, сагъдæй баззадтæн æз иунæгæй. Бæстæ ныссабыр, ны- гуыппæг ис. „Райдыдта урок!" — æрхæндæгæй ахъуыды кодтон æз. Мæ цæстытыл ауади, ахуыргæнæг куыд байгом кодта къласы журнал. Бакасти дзы „Берозты Инал", зæгъгæ. (Æдпæты сæрæй дзы æз дæн фыст.) Къласыл йæ уæст дыккаг хатт ахаста æмæ æз уым нæ дæн, уый куы сбæлвырд кодта, уæд мæ мыггаджы ныхмæ æрфыс- та „нæ уыд", зæгъгæ. Сæргуыбырæй рахылдтæн уынгмæ. Исдуг фæхъуы- ды кодтон, кæдæм ацæуон, ууыл, стæй, мæ къахдзæф- тæ нымайгæйæ, араст дæн нæхирдæм нæ, фæлæ го- рæты иннæ кæронмæ. Цæйдæр тыххæй мæ тынг бафæн- дыди Хазби æмæ Будзийы фенын. Раст цыма мæ фæн- дон бамбæрстой, уыйау уынджы тигъæй фæзындысты сæ дыууæ дæр. Фыццаг бацин кодтон. Хъуамæ сæ раз- мæ азгъордтаин, фæлæ сæ дзыхты судзгæ бапиростæ ис, уый куы федтон, уæд мæхиуыл фæхæцыдтæн. Ам- бæхстæн, уынджы былыл цы уæзласæн машинæ лæу- 31
уыд, уый аууон æмæ цалынмæ адардысты, уæдмæ сæм уырдыгæй кастæн. Бирæ фæхъеллау кодтон уынгты. Кастæн киноты афишатæм. Къултыл æмæ цæджындзтыл цы хъусинæг- тæ ныхæст уыди, уæдонæй иунæг дæр æнæбакæсгæ нал ныууагътон. Фæзылдтæн магазинтыл, кæд иунæг сау капек мæ дзыгшы нæ уыд, уæддæр. Суанг ма парк- мæ дæр бахæццæ дæн. Бафæлладтæн дзæгъæлы хъел- лауæй. Баргъæвстæн, тынг сæххормаг дæн. —- Цы бакæнон? — æппынфæстаг та бафарстон мæхи. — Бацæуон хæдзармæ, мæхи батавон, исты бахæрон. Стæй, цы уа, уый уæд. Кæд мæ бафæрса гыцци, уæд ын æргом зæгъдзынæн, скъолайæ мæ кæй ратардтой, уый. Хуыздæр амал дзы нал ис. Фæлæ мæ, чи зоны, нæ бафæрса. Уый æвæдза, бынтон хорз уаид. Ацы изæр ма куы фервæзин гыццийы хъаугъайæ, уый цæс- сыгтæй! Райсом базгъорин нанамæ. Мемæ йæ ахонин: Нæ директор гыццийæ уымæ хуыздæр байхъусдзæни. Æрмæст ма мæ ацы хатт бауадзæнт скъоламæ! Æвæдза, уæд æз базонин, куыд ахуыр кæнын хъæуы, скъолайы, уынджы, стæй хæдзары дæр хи куыд дарын хъæуы, уый. Мæн тыххæй гыццимæ уайдзæф бæргæ нал æрха- уид, фæлæ! Æрмæст ма ацы бон! Æрмæст ма ацы хатт! Æмæ фæраст дæн нæхимæ. Афтæ мæм фæкасти, цыма тынг бирæ рæстæг аивгъуыдта, скъолайы кæр- тæй куы ’рацыдтæн, уæдæй нырмæ. Цыма уроктæ ра- джы фесты, цыма ныр гыцци дæр æрбацыди йæ куыс- 32
тæй æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы, тыхсы та. Загъд та мæм кæндзæни, цæмæн æрæгмæ цыдтæ, кæм та лекка кодтай, зæгъгæ. Æмæ атындзыдтон. — Раджы цæмæн æрбацыдтæ, Инал? Æви уын фæс- таг уроктæ нæ уыди? — йæ уроктæ ахуыр кæнын фæ- уагъта, афтæмæй мæ афарста Зариффæ. — Дæ хъуыддаг нæу æмæ дæ дзыхыл хæц! Науæд мæнæ уый нæ уыныс! •— фыццаг хатт тызмæг сдзырд- тон, афтæ бирæ кæй уарзтон, уыцы хомæ æмæ ма йæм мæ тымбыл къух дæр бавдыстон. Зариффæ йæ аив былтæ базылынтæ кодта. Цæсгом асырхи, кæуындзæг хурхы нарæгмæ схæццæ ис, цæс- сыгтæ æрцауындзæг сты цæсты хаутыл, афтæмæй мæм æдзынæг касти. — Ныр æй базыдтон, скъолайæ дæ расырдтой, — кæ- уынхъæлæсæй загъта Зариффæ. Фæлæ йæ хъæлæсы уагыл бæлвырд нæма зынди, уыцы хабар ын æхсызгои уыди, æви хъыг. — Ныр та гыцци куыд маст кæндзæни! Йæ цæссыгтæ та куыд калдзæни! — æмæ йæ хъæлæсы- дзаг ныккуыдта. — Дæ тъизын ныууадз. Гыццийæн исты куы зæгъай, уæд дынде’взаг стондзынæн йæ тæккæ рæбыныл. Ныхъ- хъус у дын зæгъын! — фæхъæр ыл кодтон æз. Ныр- тæккæ хæдзары мæнæй хистæр, мæнæй тыхджындæр кæй нæй, цыма, уый равдисынмæ хъавыдтæн. Стæй та йын лæгъзтæ кæнынмæ фæдæи, ма ку, нæ мæ ратардтой- скъолайæ, зæгъгæ. Фæлæ Зариффæ иугæр кæуыы сфæрæз- та, уæд йæ ныссабыр кæнын афтæ æнцон нал вæййы. 3* 33
Фæцыди тыргъы дуары хъæр. Зариффæ æваст фæу- рæдта йæ кæуын. Асæрфта йæ цæссыгтæ æмæ азгъо- рдта гыццийы размæ. Мæ зæрдæ йæхи ныххоста риуы къултыл: „Ныртæккæ йын Зариффæ æппæт дæр ра- дзурдзæпи! — бакатай кодтои мæхинымæр. Фестадтæн мæ бадæнæй. Пъолы бын мын абырæн, амбæхсæн уыди, зæгъгæ, уæд нæ сауæрстаин. Цы ма акодтаин, уый нал зыдтон. Стæй та мæхимæ загъд кæнынмæ фæдæн. „За- риффæмæ тызмæг куынæ сдзырдтаин, куыннæ йæ ба- мæсты кодтаин, уæд мæ нæ сардыдтаид!" — Цы кæныс, Зариффæ? Иналы скъолайæ расырдтой, кæугæ та ды кæныс? Банцай, мæ хъæбул, банцай. Кæ- уын кæуыл æмбæлы, уый æнцад куы бады, уæд мах та цæуыл хъуамæ тъизæм? — Ничи йæ расырдта, гыцци. Цæй тыххæй йæ хъуа- мæ расурой? — ардауыны бæсты мæ сæрыл дзурын рай- дыдта Зариффæ, лæгъзтæгæнæджы хъæлæсæй. Мæлдзыджыйас нал зындтæн мæхимæ: æгад мæм æркасти, зын мын уыди, Зариффæ мæ æдых, æнæсæрæ- ныл кæй нымадта, мæн сраст кæныны тыххæй гыцци- йæн мæнг дзурыныл кæй нал ауæрста, уый. Мæхи фæ- хъæбатыр кодтон. Ныфсджынæй балæууыдтæн мæ мады раз. Ныртæккæ йын æппæт дæр хъуамæ радзурон, куыд уыди, раст афтæ, басæттон ме ’ппæт æвзæр ми- тыл. Уадз æмæ мæ бафхæра, нæмгæ дæр мæ фæкæна. Афтæ мын хъæуы! (Зариффæ мæм лæгъзтæгæнæджы зылд скодта йе стыр сау цæстытæ, цыма мын зæгъынмæ хъавыди: „Мæ- 34
хи бар мæ бауадз, Инал. Хъуыддаг мауал суйтæ кæн. Ныртæккæ æппæт дæр йæ уагыл уыдзæни". — Æмæ та цыдæртæ дзурын райдыдта гыццийæн. — Дæ зæрдыл бадар, чызг, уый, æмæ дæ мады фæ- сайдтай, мæнг ныхас ын загътай, уымæй тынгдæр æй ницæмæй бафхæрдзынæ. Æз æппæт дæр зонын, æппæт дæр фехъуыстон мæхи хъусæй. Ныртæккæ ахуыргæнæ- джы федтон æмæ мын лыстæгтай радзырдта нæ „хæ- дзардарæджы" хабæрттæ. Загъта мын, директор мæм кæй дзуры, уый дæр... Гыцци ма ноджы иу хатт зулмæ бакасти Зариффæ- мæ, цыма мæ хъуыддæгтæ уый аххосæй афтæ ныссуй- тæ сты, стæй мæ иувæрсты æрбахызти, цыма мæ уын- гæ дæр нæ фæкодта. Уæдæйыырмæ йæ къухы цы хы- зын дардта, уый стъолмæ баппæрста, бандоныл йæхи фæллад уагъд æркодта æмæ бынуæзæй ныуунæргъыдта: — Уæ фыды разæй мæн цы нæ амардта, уый æнак- каг фестæд!—æмæ ацы изæр фыццаг хатт асæрфта йæ цæссыгтæ. „Хъуыддаг йæхæдæг кæй базыдта, уый хорз у. Ныр мæн нал хъæуы, скъолайæ мæ кæй расырдтой, уый мæхи дзыхæй дзурын, мæхи раст кæпыны сæр. Цы мын кæна, уый кæнæд, бар йæхи".— алыг кодтон æппын- фæстаг. • — Æппæт дæр фехъуыстон, æппæт дæр зонын,— ныуулæфыд та гыцци æмæ мæм комкоммæ ныккасти. — Нæ зонын æрмæст иу хъуыддаг: афтæ сæрхъæн кæд- мæ уыдзынæ? Адæмы хъæр кæд бамбардзынæ? 35
„Райдыдта та!"—загътон мæхинымæр æмæ æдзынæг ныккастæн мæ къæхты бынмæ. Фæлæ куыд æнхъæл нæ уыдтæн, афтæ æваст ныхъхъуси мæ мад. Æрмæст ахæм цæстæнгасæй касти нуы мæнмæ, куы та Зариф- фæмæ, цыма фæсмон кодта йæ уайдзæфтыл, цыма, æз нæ, фæлæ уый уыди аххосджын, цыма хатыр куырдта мæн æмæ Зариффæйæ. Ацы хатт ын уæлдай тынгдæр батæригъæд кодтон. Æппæтæй зындæр та мын уый уыди, æмæ ацы изæр мемæ кæй нæ хыл кæны, фыдуаг сывæллæтты колони- мæ æрвитынæй мæм кæй не ’ртхъирæн кодта. Суанг ма дзы цæссыг дæр не ’рхаудта, æвæццæгæн, йæ фыр- мæстæй. Мæ зæрдæ бауынгæг ис, кæуындзæджы су- дзаг къуыбар мæ хъуырмæ схæццæ ис. Цæссыгтæ лæ- бурын байдыдтой æддæмæ. Мæ зонгуытыл æрхаудтæн мæстæлгъæд мады раз. Мæ пыхцыл сæр ныппæрстон йæ хъæбысы. Мæ уæхсчытæ хæрдмæ фесхъиу-фес- хъиу байдыдтой, уый бамбæрстон, фæлæ сæ бауромын- æн ницыуал фæрæзтон. „Лæгæн кæуын худинаг у. Лæгау-лæгыл цæссыг нæ фидауы",—мæ зæрдыл æрбалæууыд Будзийы зондамо- нæн ныхас. Фæлæ уыцы рæстæг фемдзаст дæн Зариф- фæйы дондзæстытæм, æмæ феуæгъд ис мæ кæуындзæ- джы дзæкъулы ком. Фыццаг мын æнæдзургæйæ мæ сæры хъуынтæ рæв- дауæн дауд кодта гыцци йæ уæзæгджын армытъæпæ- нæй, стæй мыл æваст фæхъæр кодта1. — Банцай, къулбадæджы сæныкк! Мæ бон нал у дæ 36
тъизынмæ хъусын, дæ цæссыгтæм кæсын. Хъуыддаг цалынмæ кæуинаг не свæййы, уæдмæ-иу ахъуыды кæн де ’дылы къоппайæ. Мæ зæрдæ мын фехæлдтай, сау ингæны былыл мæ слæууын кодтай. Æмæ тагъддæр куы ныххауин уыцы сау ингæны, уæд фервæзин демæ удхар кæнынæй... — Æмæ Зариффæ та?1 —■ мæ сæрыл хæрдмæ не ’схæ- цыдтæн, афтæмæй мæ сирвæзти уыцы æдылы фарст, стæй мæ хъæлæсыдзаг ныббогъ-богъ кодтон. Мæн та бафæзмыдта Зариффæ дæр. — Мæ къонайыл! Цы хабар у? Цы ’рцыди?—• Къæсæ- рæй æрбахъæр кодта Азау æмæ нæм цымыдисæй ным- дзасти. — Исты æвзæр хабар фехъуыстай, Сæниат? — Æмæ æвзæр хабар та кæцы бон нæ фехъусын, Азау! Уыдон иууылдæр — мæнæ ацы фыдуаг лæппуйы тыххæй. Дзурын, лæгъзтæ йын кæнын, æрсабыр у, дæ зонд æрцахс, ныууадз дæ фыдуаг митæ. Мауал мæ ху- динаг кæн... Ахуыр кæн... Мæ цард рауæлдай кодтон ацы фыдуаджы тыххæй. Мæ уд дæттын, цæмæй исты бамбара, царды раст фæндагыл слæууа. Фæлæ дзæгъæлы сты мæ бирæ фыдæбæттæ, хæрз дзæгъæлы... От æхуды!.. Æвæццæгæн та афтæ зæгъынмæ хъавыди: „О, тæ- хУДы, ды дæр ма мын чызг куы фæуыдаис!" Науæд та: »0, тæхуды, уæ фыды разæй æз куы амардаин, уæд ащл удхартæ нæ бавзæрстаин!" Фæлæ йæ хъуыды кæ- ронмæ нал загъта. Нымдзасти Азаумæ, цыма йæ фыццаг хатт федта, цыма дис кодта: „чи у, æмæ нæм цæмæ фæзынди ацы тыхст рæстæджы?" 37
— Дзæгъæлы дæхи æфхæрыс, Сæииат, мæ хур, — мадау фæлмæп хъæлæсæй йæм бадзырдта Азау.—-Ныр- ма саби у... Бахъомыл уыдзæни, йæ зонд æрцахс- дзæни. — О, кæннод!.. Æмæ Æхсар сывæллон нæу? уый цæуылнæ кæны ахæм æнæуаг митæ? Æрвылизæр дæ хæдзары цæуылнæ вæййьт хъæбысхæст? уый цæуылиæ сурынц скъолайæ? Иудадзыг дзы æппæлгæ цæмæн кæ- нынц ахуыргæнджытæ? Æви æз арвы дуар гомæй фед- тон! — Æхсарбег дæр, дæумæ куыд кæсы, ахæм „сыгъдæг зæд" нæу, Сæниат. Стæй ма уый йæ фыдæй дæр æф- сæрмы æмæ аргъуц кæны. Уæддæр лæджы ныхас, лæ- джы цæстæнгасæн фылдæр тых ис. Дæуæн та иууыл- дæр дæхи ’вджид баззадысты, аххуысгæнæг дын нæй... Мæиæ ма иу дыууæ азы дæ зып, стæй уæдмæ уый дæр æрæмбардзæни, æрсабыр уыдзæни... Ныхъхъус сты дыууæ сылгоймаджы. Æнкъардæй кастысты мæнырдæм. Кæуындзæг та ногæй ныццæхгæр ис мæ хъуыры. Сбырстой та мæ уыцы æнæнцой хъуыдытæ: „Ацы хатт ма мæ куы бауадзиккой скъоламæ, уæд нал бакæнин иупæг фыдуаг ми дæр. Мæ сæр радтин ахуырмæ. Алцы дæр саразин уый тыххæй, цæмæй ма- куыуал смæсты кæнон гыццийы, цæмæй йæм мæн тых- хæй уайдзæф макуыуал æрхауа скъолайæ дæр æмæ сыхæгтæй дæр". Азау ма исдуг алæууыди. Ноджыдæр ма ныфсытæ 38
авæрдта гыццийæн, æрымбардзæни, зæгъгæ, стæй нып хæрзæхсæв загъта æмæ ацыди. Гыцци йæ кæрты онг афæндараст кодта. — Уыцы лæг дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы, Сæниат, æмæ дæм уый тыххæй æрбауадтæн, — рудзынджы раз- æй мæм æрбайхъуысти Азауы сабыр ныхас. — Афон у хъуыддаг алыг кæиынæн... Æхсарбег мын амæлæд, Сæ- пиат, мæ хæстæг кæй у, уый тыххæй дзы кæд уæлдай æппæлд ракæндзынæн, фæлæ сабыр, æгъдауджын лæг у. Стæй куыд амалджын у! Дойнаг дуры хуылфæй дæр йæ тонайы хай ракæндзæн. Адæмы ’хсæн нымад, дзырд- дзæугæ лæг кæй у, уый дæхæдæг дæр зоныс. Уый æгъ- дауджын лæг куынæ уаид, уæд йæ цæрæнбонты цы хæ- дзар фæкодта, цы æгæрон мулк фембырд кодта, уыдон цæттæйæ нæ ыыууагътаид йæ бирæгъ ус æмæ йæ сы- вæллæттæн. Мыды къускау, дзаг хæдзарæй афтид армæй нæ рацыдаид...Ахъуыды кæн, Сæниат, дзæбæх ахъуы- ды кæн, Мæ цæст дын хорздзинад кæй уарзы, ууыл, мæнмæ гæсгæ, дæхæдæг дæр дызæрдыг нæ кæпыс... Цавæр „сабыр, æгъдауджын" лæджы кой кодта Азау, стæй дзы гыццийæн афтæ тынг цæмæн æппæлы- Ди, уый нæ бамбæрстон. Æмæ хъуыдыты аныгъуылд- тæн. Нæ бамбæрстон, гыцци йын цы дзуапп радта, уый дæр. — Макуыдæм ацу, лæппу. Æз дæ директормæ ба уайон хæдзармæ. Балæгъзтæ йын кæнон, цæмæй ма дæ ацы хатт бауадза скъоламæ, — кæртæй æрбаздæхгæйæ, загъта гыцци, стæй палто йæ уæхечытыл баппæрста æмæ ацыди. 39
Фемдзаст дæн мæ фыды портретмæ. Уый мæм, мид- былхудгæ, касти уаты къулæн, сау зæлдаг хъуымацы тыхт фæлгæтæп. Уайтагъд мæ цæстытæ зæххы фæцав- тон. Афтæ мæм фæкасти, цыма мæм ныртæккæ радзур- дзæни. „Кæд Æхсар ’фсæрмы кæны йæ фыдæй, уæд - ды цы кодтай? Ды цæуылнæ ’фсæрмы кæныс мæнæй? Дæ фыд куы дæн!.." Хорз хъуыды кæнын мæ фыды. Уый уыди домбæй- тæарæзт, бæрзонд, хъæлдзæг, хъазæгой лæг. Куыд- фæнды фæлмæцыдæй æрцыдаид заводæй, уæддæр дзы ничи фехъуыстаид, бафæлладтæн, зæгъгæ. Куыддæр- иу йæ ^сихор йæхирдыгæй фæци, афтæ-иу къуыззиттæй заргæ, хъуамæ исты архайын райдыдтаид хæдзары, кæ- нæ та сарайы. Науæд та-иу Зариффæйы йæ уæрагыл сбадын кодта, мæн — йæ фарсмæ æмæ нын-иу дзурын рай- дыдта аргъæуттæ. Æмæ цас аргъæуттæ зыдта, цас! Никуы мæ ферох уыдзæни, йе ’мбæлттæ йæ сынтыл куы ’рбахастой заводæй æмæ йæ не стыр уаты астæу хъæдын сынтæгыл уæлгоммæ куы ’рывæрдтой, стæй бæгъæмсарæй, сæргуыбырæй йæ разы куы ’рлæууыдыс- ты, уыцы æнамонд бон! Афтæ мæм фæкасти, цыма фы- нæй у, цыма ныртæккæ райхъал уыдзæни, йæ цæсты- тæй ’ракæсдзæни, рабаддзæни æмæ та фæдзурдзæни йæ фæлмæн хъæлæсæй. „Æввахс мæм рацу, мæ хæдзардарæг" афтæ мæ хуыдта мæ фыд. (Æвæццæгæн мæ гыцци дæр уый тых- хæй афтæ хоны) Фæлæ мæ мад лæбурæджы згъорд куы ’рбакодта, йæ дзыккутæ тонгæ, уæд бамбæрстон, цы стыр бæллæх ныл сæмбæлди, уый. 40
Ныр тынг бахæлæг кодтон, йæ фыдæй афтæ чи „æфсæрм æмæ аргъуц кæньГ, уыцы Æхсармæ. „Цымæ æз цæуылнæ æфсæрмы кæпып мæ фыдæй?" — портрет- мæ скæсын нал уæндыдтæн, афтæмæй хъуыды кодтон мæхинымæр. — Цæсгомы хуызæй, уæнгты кондæй мæн дæр мæ фыды халдих куы хонынц, уæд дзы цæуылнæ ’фсæрмы кæнын? Цæуылнæ дзы аргъуц кæнын? Æви мардæй æфсæрмы дæр ничиуал кæны æмæ аргъуц дæр? Æрмæст ма мæ скъоламæ бауадзæнт, стæй фендзы- сты, мæхи куыд дзæбæх дардзынæн, куыд хорз ахуыр кæндзынæн, уый!"
ДЫККАГ СÆР ЗИВÆДЖЫ ДЗÆКЪУЛ Куыддæриддæр скъолайы къæсæрæй бахызтæн (кæй зæгъын æй хъæуы, быруйы сæрты нал басæррæтт код- тон), афтæ мæм йæ кабинеты рудзынгæй рахъæр кодта директор: — Инал! Рацу-ма ардæм, — стæй ма мын цæйдæр тыххæй йæ къухæй дæр ацамыта, разгъор, зæгъгæ. Зын бамбарæн нæ уыди, мæнæн æхсызгон цы уа, тынг цæуыл бацин кæнон, ахæм хъуыддаджы фæдыл мæм кæй нæ сиды. Фæлæ иугæр хистæр дзуры, уæд дæ фæнды ацæуын, æви нæ, уый дæумæ нал хауы. Гъе, æмæ æз дæр сæргуыбырæй бахызтæн, не скъоладзау- тæ æппæтæй тынгдæр цы дуарæй бакæсынæй тарстыс- ты, уый къæсæры сæрты. Ныллæг хъæлæсæй салам радтон директорæн. — Хъус-ма, богал! (Уый та дын ног фæсномыг „бо- гал"),—мæнырдæм кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй тыз- мæг хъæлæсæй райдыдта уый. — Сфæлмæцыдыстæм дæ, 42
бафæлладыстæм, ахуыргæнæгæй- скъоладзауæй. Нал дæ фæразæм æмæ йæ бамбар!. Иудадзыг дæуæй хъаст кæнынц. Фæстаг хатт ма дæ фæдзæхсын—-дарддæр бых- сын нал бауыдзæн нæ бон... Ацы хатт ма дæ бауадз- дзынæн скъоламæ, уый дæр дæ мады хатырæй. Уый^ хорз адæймаг у. Фæлæ йын ды йæ уд рагъæнмæ хизинаг скодтай, йæ туг ын банызтай... Ныр цæугæ кæн кълас- мæ. Ахъуыды кæн, лæмбынæг ахъуыды кæн дæ сомбо- ныл. Исты æнæуаг ми ма дæ куы бафиппайоп, уæд-иу мæнæй мауал рахъаст кæн. Фыццаг урок ацыдй æнæмаст, æнæхъаугъайæ, кæд мæ хъуыдытæ къласæй дард кæмдæр зилахар кодтой, æмæ ахуыргæнæг цæуыл дзырдта, уый нæ бамбæрстон, уæддæр. Дыккаг урок нын уыди математикæ. Фæдисы уад æрбакодта ахуыргæнæг. Мах нæ бынæттæй феста- дыстæм. Салам ын радтам. Уый нын нæ дæр „бузныг" загъта, нæ дæр „сбадут", афтæмæй йæ даргъ æнгуыл- дзæй ацамыдта мæнырдæм. — Равдис-ма, Инал, хæдзармæ хæслæвæрдты тетрад, —тызмæгæй мæм æрбадзырдта ахуыргæнæг, æмæ йæ сырхцъар, нарст цæсгомы царм ахæм æнцъылдтæ акодта, цыма цывзы ахордта. Радтон æм тетрад, уæдæ цы бакодтаин æмæ æн- хъæлмæ кæсын, цы зæгъдзæни, уымæ. Уый рафæлдæх- та тетрады сыфтæ. Иу ранмæ нымдзасти. Æваст йæ цæсгомы хуыз фæивта, нарæг æрфгуытæ фæхъуынтъыз кодта, афтæмæй мæ афарста: 43
— Ардæм цæй тыххæй цæуыс?! — Ахуыр кæнынмæ, ахуыргæнæг, — дзуапп радтон æч. — Нæ дыл зыны, ахуырмæ цæуыс, уый. Абонмæ уын цы хæслæвæрд уыди, уый цæуылнæ сарæзтай, зивæ- джы дзæкъул?! „О, о! уый та мын ноджыдæр иу фæсномыг „зивæ- джы дзæкъул?" — загътон мæхинымæр. Æмæ дзуапп радтьш нæма бафæрæзтон, афтæмæй Æхсар мæ разæй фæци. —- Уыцы бон Инал рынчын уыди, ахуыргæнæг, æмæ скъоламæ не ’рцыди. Ахуыргæнæг уайдзæфы цæстæй бакасти Æхсармæ. — Нытътъæпæн у дæ бынаты! — фæхъæр ыл кодта ахуыргæнæг. Кæд нæ рæдийын, уæд æз фæрсын дæу нæ, фæлæ Иналы, æмæ дзуапп дæр уый хъуамæ радта. — Хæдзармæ нын куыст куы лæвæрдтай, ахуыргæ- нæг, уæд Инал рынчын уыди æмæ скъоламæ не ’рцыди, — ногæй та йæ бынатæй фестгæйæ, сдзырдта Æхсар. — Хъус-ма ардæм, Æхсар, мæ хуры чысыл акæнай,— журнал байгомгæнгæйæ, загъта ахуыргæнæг. — Мæнæ уал дын ацы ран æвæрын „2". Дæ уагахаст куы фæ- хуыздæр кæнай, уæд та æркæсдзыстæм хъуыддагмæ.— Æмæ йæхæдæг мæсты худт бакодта. Стæй йæ фых- цæхæрайы хуызæн цæсгом фездæхта ме ’рдæм. —Ахæм „2" æвæрын дæуæн дæр, зивæджы дзæ- къул. — Цымæ рынчын кæныны бар дæр нал ис? — райхъуы- 44
сти Зæлинæйы бустæ ныхас æппæты кæройнаг партæ- йæ. Ахуыргæнæг дзы фæсагъта йæ мæсты цæстытæ. Урочы рæстæгæн йе ’мбисæй фылдæр бахардзи мæ- нæн уайдзæфтæ æмæ фидистæ кæныныл, Æхсар æмæ Зæлинæйы æфхæрыныл. Æниу сæ цы мæ сæрыл хæцыны ’фсæрм уыди? Уыдонæй искæй бынаты æз куы уыдаин, уæд, æвæццæгæн, æнцад бадтаин, хъуыстаин ахуыр- гæнæджы уайдзæфтæм æмæ цин кодтаин мæхинымæр. Уымæн æмæ Æхсары фæстаг хатт куы фæнадтон, уæ- дæй нырмæ фондз боны дæр нæма аивгъуыдта. Уæдæ Зæлинæйæн та æрвылбон йæ дзыккутæ тонын. Ныр уы- дон та мæ сæрыл рахæцыдысты. Мæн тыххæй сæхи бафхæрын кодтой. Ахуыргæнæг ныхъхъуси. Тызмæг цæстæнгас хаста къласыл. Стæй та æваст ме’рдæм фæзылд’æмæ ма баф- тыдта йæ бирæ уайдзæфтæм: — Æниу цы мæ сæр риссын кæнын, куы йæ зонын, къæлуайæ фыркъа куынæ сырæздзæни, афтæ дæуæй дæр ахуыр лæг нæ рауайдзæни, Инал, мæ хæлар. Гъе, æмæ скъоламæ куынæуал цæуис, уæд удхарæй нал марис мах дæр æмæ дæхи дæр. Фæлтау цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ дæхицæн æндæр исты хъуыддаг куы ссарис, дæ бон цы у, ахæм куыстыл куы ныххæцис, уæд дын уый бирæ пайдадæр уаид... Æрдуйы бæрц нал зындтæн мæхимæ. Уыцы уысм мæм афтæ фæкасти, цыма къогъотæ æмæ мæлдзыджы- тæ дæр мæнæй тыхджындæр, мæнæй зондджындæр сты. Какон сындзытыл бадæгау фиппайдтон мæхи. Фæ- 45
кæсын ничердæм уал уæндыдтæн. Афтæ æихъæлдтон, цыма нæ къласы ахуыргæнинæгтæ се ’ппæт дæр мæнмæ кæсынц, мæныл худынц. Афтæ мæм касти, цыма сæ цæс- тæнгас мингай судзинтæй ныхсы мæ фæсонты, мæ фæрсты, мæ зæрдæйы. Тыьт мæ бафæндыди хъæрæй ныккæуыи, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Афæнд кодтон сыстын, фæлидзын, цæмæй мæ цæрæнбонты ацы скъо- лайы ’мгæрæтты макуыуал ацæуон, фæлæ мæ бынатæй феккуырсын нæ бафæрæзтон, цыма бандоныл ныхæсгæ иыккодтон. Æмæ афтæ, мæ бынаты бадгæйæ баззадтæн суанг фæстаг урочы фæудмæ. Нæ къласы разамонæг ма мын уайдзæф дæр бакодта: урокмæ куы ’рбацыди, уæд иннæ ахуыргæнинæгтæ се ’ппæт дæр фе’стадысты сæ бынæттæй, салам ын радтой, фæлæ æз бадгæйæ баззад- тæн, ме ’нкъард хъуыдыты уыйбæрц аныгъуылдтæн, æмæ ахуыргæнæг куыд æрбацыди, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. — Цы хабар у, Инал, æви дæ хуыйгæ бакодтой бан- донмæ? — бафарста ахуыргæнæг æмæ мæм уайдзæфы цæстæнгасæй ныккасти. „Амæй ма нæ зыдтон æфхæрд ныхас. Ныр мæм уый дæр фæхæрам ис!" — ахъуыды кодтон мæхинымæр. Фес- тадтæн мæ бынатæй. Хъуамæ дзы хатыр ракуырдтаин, стæй йын мæ абоны хабæрттæ иууылдæр радзырдтаин, фæлæ уый йæ къух ауыгъта, сбад, зæгъгæ, æмæ рай- дыдта урочы кой кæнын. Уыцы бон уроктыл нæ ахуыргæнджытæ цы дзырд- той, цы амыдтой, уымæй ницы бамбæрстон, мæ зæрдыл 46
дзы ницы бадардтон математикæйы ахуыргæнæджы уайдзæфтæй дарддæр. Мæхæдæг дурдзавдæй къодахы бадт кодтон къласы, мæ хъуыдытæ та зылдысты дард кæмдæр. Æрмæст мæ хъусты нæрыдысты дзырдтæ: „зивæджы дзæкъул" æмæ „къæлуайæ фыркъа"... „Цæуылнæ мæ рауайдзæни ахуыр лæг? — æнкъард хъуыдытæ кодтон, скъолайæ нæхимæ цæугæйæ. — Ау, уыйбæрц къуырма, уыйбæрц къуымыхзонд дæн?! На- уæд не сскъоламæ чи цæуы, уыдон мæны йедтæмæ, се ’ппæт дæр стыр лæгтæ рауайдзысты? Æмæ уæртæ нæ сыхаг Майрæм дæр не ’скъола куы фæци каст, уæд хæ- дзæртты арæзтады цæмæн кусы? Æцæг дзы цыдæр хис- тæргонд у, фæлæ цæуылнæ сси стыр ахуыргонд?.." — Цы сæргуыбырæй цæуыс, Инал? Æви дыл тæдз- гæ фæкодта? — уынджы иннæ фарсæй мæм æрбадзырд- та Хазби.—Ауылты рацу, кæд тынг æнæвдæлон нæ дæ, уæд. — Ма йæм дзур, Хазби. Æвæццæгæн та йæм дзы скъолайы балæвæрдтой Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ æмæ дзы йæ хæлæрттæ дæр æрбайрох сты,—йæ ныхас баппæрста Будзи æмæ йæ дзыппæй систа бапиросты къопп. — Рауай, иу бадым. Маст суадзынæн хуыздæр хос нæй. Раст загъта Будзи. Уыцы сахат мæ ничи æндæвта. Рæстæгмæ мæ айрох сты суанг мæ мад æмæ мæ иунæг хо дæр. Мæ сæры магъзы ленк кодтой æрмæст хæццæ- мæццæ фарстытæ: (Цæмæн мæм ахæм цæстæй ракастысты директорæй, 47
ахуыргæнæгæй? Фароны уонг мæ хорз ахуыргæнинаг куы хуыдтой, уæд ныр цы кодтон? Æви къæссавæлдæхт фæдæн? Математикæйы ахуыргæнæг цæмæн афтæ хъуы- ды кæны, зæгъгæ, дзæгъæлы цæуын скъоламæ? Ницы бамбардзынæн, ницы мæ рауайдзæни? Цæмæн? Ой, цал æмæ цал „цæмæны" февзæрди мæ фæллад сæры уыцы уазал изæры! Фæлæ дзы иуæн дæр дзуапп нæ радтон. ... Гыццийы уыцы изæрæй хъæлдзæгдæрæй никуы- уал федтон нæ фыды амардæй фæстæмæ. Куыстæй куы ’рбацыди, уæд йæ дæлармы æрбахаста цавæрдæр тыхтæт- тæ. Стъолыл сæ æрæвæрдта, йæ мидбылты худгæ, Райхæлдта иу тыхтон. — Уыдон дæуæн, мæ дзæбæх чызг! — хъæлдзæгæй загъта гыцци æмæ Зариффæмæ бадардта мыдхуыз тæ- бын хъуымацæй къаба æмæ сау дзабыртæ даргъ бæт- тæнтимæ. — Мæ зæрдæ рысти, нырмæ уыцы уынгæджы- тæ къаба æмæ æмпъызтытæ дзабырты кæй цыдтæ, уый тыххæй. Дæ уæлæ сæ акæн, мæ къона. Кæд дын миййаг уынгæг сты, уæд сæ фæстæмæ бадавон, цалынмæ дукани нæма сыхгæдтой, уæдмæ æмæ сæ аи- вон... Хурау ныххудти Зариффæйы рæсугъд цæсгом. Йæ ног дарæс баскъæфта иннæ уатмæ. Иæ фæдыл бацыд гыцци дæр. „Йæ уарзон чызгыл хорз батыхсти гыцци. Балхæд- та йын. Фæлæ мæн хъуыды дæр не ’ркодта, цыма æз уый сывæллон нæ дæн! — Нырма цы тыхтон нæ рай- 48
хæлдта, уымæ зулмæ кæсгæйæ мæхииьшæр уайдзæфтæ кодтон мæ мадæн. — Æвæццæгæн мæ нал уарзы! Æмæ мæ цымæ искуы уарзта?" Æмæ та мæхимæ фæкастæн, зæххы цъарыл мæ, Хазби æмæ Будзийæ дарддæр, иу адæймаг дæр кæй нæ уарзы, ахæм зыбыты иунæг, æппæтæй мæгуырдæр, æп- пæтæй æнамонддæр. Мæ зæрдыл та æрбалæууыди ма- тематикæйы ахуыргæнæджы ныхас: „...скъоламæ куы- пæуал цæуис, уæд удхарæй нал марис мах дæр æмæ дæхи дæр". Æвæццæгæн, ахуыргæнæг ацы хъуыды гыц- цийæп дæр загъта æмæ мæнæн уый тыххæй иицы бал- хæдта, — æрхæпдæг зæрдæйæ ахъуыды кодтон, амонд- джып Зариффæмæ хæлæг кæнгæйæ. — Фæлæ йын кæд æхца пе сфаг ис, æмæ мып уымæн иицы балхæдта. Кæд æй дзæгъæлы азым дарын, уæд та? — Бафæлвæрдтон гыццийы сраст кæныныл. Фæлæ мæм, цыма, чидæр æр- бадзырдта: „Кæд ын æхца фаг пæ уыд, уæд иу дзаума Зариффæйæн балхæдтаид, инпæ та дæуæн. Зæгъæм, Зариффæйæн къаба, дæуæн та — дзабыртæ. Дæ батин* кæтæй кæрæдзийыл куы иицыуал хæцы, уæд сæ нæ уыны?".. — Æнæнизы дарæс дын фæуæнт, мæ хъæбул! Раст цыма дæуыл карст æмæ хуыд уыдысты, уыйау джиппы бадт акодтой де уæнгтыл, — ипнæ уатæй райхъуысти гыц- иийы цины ныхас æмæ, туасау, аныхсти мæ зæрдæйы. — Фæлæу-ма, мæ къоиа, иу хатт ма дæм бакæсон. Фæлæ Зариффæ разгъордта мæ размæ, цалдæр зыл- ды æркодта йæ мидбынаты. 4* 49
— Æрбакæс-ма мæм, Иналчик, хорз мыл нæ фида- уынц? — Хъæлдзæгæй мæ афарста мæ хо æмæ та, цъи- лау, ныззылди. — Хæрæгыл кæсгон саргъ куыд фидауы, раст дæуыл дæр дæ къаба афтæ. Уымæй диссагдæр та дæ салдат- таг батинкæтæ сты. Гæдыйыл цырыхъхъытæ куы акæ- най, раст дыл афтæ фидауынц, — мæ масты дзæкъул фæкъæртти æппынфæстаг. — Уый цытæ дзурыс, Иналчик! — скæуынмæ бирæ нал хъуыди Зариффæйы. — Уыцы „чика ма та кæцæй æрдавтай? Æви мын „Инал" ном фагыл нал нымайыс? — ногæй та бафхæрд- тон мæ хойы. — Раст нæ зæгъыс, нæ хæдзардарæг. Лæппуйы ба- тинкæтæ- мæнæ адон сты, — иннæ тыхтон айхалгæйæ, загъта мæ мад æмæ мын мæ разы авæрдта Зариффæйы батинкъæты хуызæттæ, æрмæст уыдон уыдысты егъау- дæртæ æмæ фидæрттæарæзт. Уый фæстæ мын мæ сæр- ыл асагъта хъусджын худ. — Абон мын заводы преми радтой, хорз кусæг мæ хонынц. Æниу цæй хорз кусæг дæн, фæлæ... Цы ’хца мын радтой, уый æндæр ницы фаг сси. фæлæ ницы кæны, мæ хæдзардарæг. Дæ пал- то нырма адардзынæ. Ацы зымæг ма дæ барæвдаудзæ- ни. Стæй та, бон цæуы æмæ фарп йемæ хæссы. Акæи- ма дæ дзабыртæ, мæ хур, кæддæра дæ къæхты аккаг сты. Миййаг дын уынгæг ма фæуой... — Уынгæг нæ, фæлæ ма æгæр уæрæх дæр сты, гыц- ци,—къæмдзæстыгæй загътон мæ мадæн, æмæ йæм мæ 50
къах бадардтон ног дзабыримæ. Æрмæст æм комкоммæ бакæсын мæ цæсгом нæ бахъæцыди: мæхинымæры йæ дзæгъæлы кæй бафхæрдтон, уый мæм худинаг æр- касти. — Зымæгон дзабыр чысыл уæрæхгонд куы уа, мæ хъæбул, уæд хуыздæр у: хъарм цъыпдатимæ сæ дар- дзынæ æмæ дæ къæхтæ „айциу—айциу" кæндзысты,— ныфсæвæрæгау мын загъта гыцци æмæ цырд ауади хæ- ринаггæнæнмæ. ...Къуырийæ фылдæр рæстæджы дæргъы хорз цыди мæ хъуыддаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы, раз- дæрау, баззадтæн иунæгæй, æцæгæлонæй, матиматикæ- йы ахуыргæнæгæй дарддæр ма мæм тынг сфыдæхи нæ къласы разамонæг дæр. Уайдзæфты йедтæмæ сæ фæл- мæн ныхас никæмæй хъуыстон. Сæ иу архайдта, цæмæй мæ акодтаиккой иннæ æвдæм къласмæ. Иннæйы та фæндыди, уыцы скъолайы мæ кой, мæ хъæр дæр куыд нæуал уыдаид. Цал æмæ мын цал хатты загъта мæхи- цæн: „Ам мауал у, иннæ сывæллæтты мауал хал, дæу- мæ кæсынæй мауал риссой мæ цæстытæ, уый йедтæмæ кæдæмфæнды фæцу, кæм дæ фæпды, уым ахуыр кæн"... Исты æфсон тынг зæрдиагæй агуырдта матиматикæ- йы ахуыргæнæг, цæмæй та мыл бахъаст кæна директор- мæ, скъолайæ мæ фæсурын кæна, фервæза мæ. Фæлæ ахæм æфсон йæ къухы пе ’фтыди: ацы фæстаг рæстæг мæхи тынг хъахъхъæдтон, цы не ’мбæлы, ахæм хъуыд- дагæй. Уæдæ мæ уроктæ дæр ахуыр кодтон, мæ 51
хъарутæ цас амыдтой, уый бæрц. Уæлдайдæр та мæ куыст скодтон матиматикæ, кæд мæ ахуыргæнæг фæрс- гæ нæ кодта, уæддæр. Суанг ма къулы газеты ред- коллегийæн дæр æххуыс кæнын райдыдтон. Раст зæгъ- ын хъæуы, уый мæхи фæндонæй нæ уыди, фæлæ газе- ты редакторы афтæ бафæндыди. Иу бон, нæ уроктæ куы фесты æмæ скъолайы кæрт- мæ куы рахызтæн, уæд мæ фæурæдта фарастæм къла- сы ахуыргæнинаг, скъолайы къулы газеты редактор Сослан. Бахатыди, цæмæй йын фенын кæнон мæ тет- рад. —Цавæр тетрад?—днсгæнгæ йæ афарстон æз. — Æрмæст дзы дæхи къухæй исты фыст уæд, уый йеттæмæ уæлдай нæу, — дзуапп мын радта Сослан æмæ мæм йæ къух æрбадаргъ кодта. Æз æм радтон ирон æвзаджы тетрад. Уый йæ рафæлдæхта, йæ цæст ахас- та, цы фыстытæ дзы уыдис, уыдоныл, стæй мæм тет- рад радта æмæ хъæлдзæгæй сдзырдта: — Агургæ ,æмæ æнаргæ лæг! Тынг рæсугъд фыс^ сыс, Инал. Гъе, æмæ мын хъуамæ баххуыс кæнай ацы изæр. Дис мæм фæкасти Сосланы ныхас: „Цы йæ хъæуы мæнæй? Цы хъуамæ баххуыс кæнон, мæнæй дыууæ къласы уæлдæр чи ахуыр кæны, хорз ахуыргæнинагыл нымад чи у, уымæн? Стæй мæ æнæхъæн скъола емы- иæйæ тæрсæгау куы кæны, сæфт, стъæлдыл мæ куы нымайынц, уæд мæм Сослан цы фæкомкоммæ? Æви та ам дæр исты хиндзинад ис? 52
Сослан, æвæццæгæн, мæ дызæрдыгдзинад бамбæрс- та. Йæ мидбылты мæм хæлар худт бакодтп. —Рæсугъд къухфыст дып нс, Инал, тыпг рæсугъд фыссыс, æмæ нæ де ’ххуыс æхсызгонæй хъæуы. Стæй афтæ фехъуыстон, цыма ныв кæнынмæ дæр рæвдз дæ. Æмæ ахæм лæг къулы газеты редколлегийы æнæмæнг хъæуы,—йæ ныхас фергом кодта Сослап. ...Нарæг, даргъ гæххæтты сыфыл сыгъдæг рафыс- тон иу уацхъуыд. Ногæй йæ бакастæн æмæ йæ радтон Сосланмæ. — Иттæг хорз! — уацхъуыдыл сæрæй бынмæ йæ цæст ахæсгæйæ, раппæлыд Сослаи æмæ йæ радта Æх- сармæ. Афтæмæй нарæг гæххæтты сыф æрзылди ред- коллегийы уæнгтæн се ’ппæтыл дæр. Уыдонæй алчи дæр йе ’рттæ цагъта, æппæлыди, дис кодта, куыд рæсугъд къухфыст дын ис, куыд æнæрæдыд фыссыс, зæгъгæ, чидæртæ ма мæм дзы æргом дæр бахæлæг кодта. Бирæ рæстæджы дæргъы æфхæрд æмæ ссæст чи уыди, уайдзæфæй дарддæр чи ницы фехъуыста, ницæ- йагыл, сæфтыл кæй нымадтой, уымæн куыд æхсызгон вæййы иу лæгъз ныхас, чысыл раппæлд дæр! Гъе, æмæ æз дæр фæныфсджын дæн. Нал сауæрстон мæ хъару- тыл, мæ чысыл арæхстдзинэдыл: рафыстон, къулы га- зеты цы уацхъуыдтæ сæвæрынмæ хъавыдысты, уыдон иууылдæр. Ставд, аив дамгъæтæй сын ныффыстон сæргæндтæ. Скодтон сын цалдæр нывы дæр. Зымæгон цыбыр бон кæуылты атахти, уазал изæр 53
йе ’нкъард, тар базыртæ куыд æрцауыгъта скъолайы сæрмæ, уый нæ бафиппайдтон. Райсомæй нырмæ ’ххор- маг кæй уыдтæн, суанг ма мæ уый дæр байрохи. Нæ мæ рох кодта æрмæст иунæг хъуыды, иупæг сагъæс: гыцци мæ хæдзары куынæ ’рбаййафа, уæд та смæсты уыдзæни. Фæрсдзæни та мæ, нырмæ кæм уыдтæ, зæгъ- гæ. Нæ йæ бауырндзæн, Хазби æмæ Будзиимæ нæ уыд- тæн, уый. Нæ баууæнддзæни, Сослан мæ баурæдта, къу- лы газет арæзтам, ууыл. Уæвгæ, куыд æвзæр хъуыд- даг у, лæгыл л а йæ мад дæр куынæуал феууæнды! Мæ уыцы сагъæс ракодтон Сосланæн, нæ куыст куы фестæм æмæ скъолайы ,кæртмæ куы рацыдыстæм, уæд. —Иу фæнд мæм ис, æмбæлттæ, — йæ мидбынаты æваст фæлæугæйæ æмæ йæ фидар цæнгтæ хæрдмæ сдаргæйæ, загъта Сослан. — Дæ фæнд махæй дæр ма бамбæхс, нæ цытджын редактор, — бахатыди йæм нæ къласы ахуыргæнинаг Зæлинæ. — Нæ нывгæнæджы (уый мæн рахуыдта нывгæнæг) йæ хæдзармæ бахæццæ кæнæм. Разы чи у, уый йæ къух сдарæд, загъта Сослан æмæ йæ къухыл схæцыд. — Тынг хорз фæнд у,—æмдзыхæй сдзырдтой Æхсар æмæ Зæлинæ. — Тынг мæ фæнды, фæлæ хæдзармæ тагъд кæнын, — хатыркурæджы хъæлæсæй загъта Салам. — Мæн дæр не ’вдæлы, стæй сымах фагæй уæлдай- дæр стут иу сабийы йæ хæдзарыл сæмбæлын кæны- 54
хнæн,—йæ ныхас ма баппæрста не ’мбæлттæй иу лæппу ;æмæ сæхирдæм фæраст. Цыдыстæм, хъæлдзæг ныхасгæнгæ. Ныхас, æвæдза, ипнæтæ кодтой. Æз та хъусгæ æмæ худгæ. Сæ ныхасы фылдæр уыди, райсом скъоладзаутæ цымыдисæй цы къулы газет кæсдзысты, уый алыварс. — Мæ цæстытыл уайы, Бæби йæ карикатурæ куы фена, уæд йе ’стыр былтæ куыд сæнцъылдтæ кæндзæ- ни, уый, — дзырдта Сослан. — Йæ мад куыд тыфылтæ калдзæни, мæ цæстытыл та уый уайы, — загъта Æхсар. Мæ зæрдæ мын цыдæр фæрæхуыста, фæлæ Сослан цавæрдæр худæджы хабар дзурын райдыдта æмæ та мæ хъуыдытæ уый æрдæм фæзылдысты. Айрох мæ ис уыцы æнæхайыры карикатурæ. — Дæ нывонд æрбауон, Сослан! Дæ цæст фæдар ацы фыдахин лæппумæ, — балæгъзтæ йын кодта гыцци, нæ- химæ куы ’рцыдыстæм æмæ цæмæн байрæджы кодтон, уый куы бамбæрста, уæд. — Ды йæ уæддæр барæвдау. Науæд скъолайы уый фыдкой у сæ сæйраг куыст. — Мах бар æй уадз, гыцци,—мæ мадæн, ныфсæвæ- рæгау, загъта Зæлинæ, стæй мæм фæлмæн бахудти йæ мидбылты. — Мах дын æй Æджейы далысæй сабырдæр æркæндзыстæм. — Дæ гыцци дæ хурæй бафсæдæд, мæ хъæбул. Уый ма мын адæмы хъæр кæй фæрцы æрæмбара, уымæн мæ уд дæр нæ бахæлæг кæнин. Гыццийæн бирæ зæрдæвæрæн ныхæстæ фæкодтой 55
Сослан æмæ Æхсар дæр. фæлæ нæм хæдзармæ щ бакуымдтой, пæхимæ, дам, тагъд кæнæм, пæ, дам, нæ ’вдæлы. Æмæ’’ацыдысты. Зæлинæ ма мæм фæстæмæ фæкасти уыпджы тигъæй. Батылдта мæм йæ къух. Мæ. зæрдыл æрбалæууыди, хæрзæрæджы та йын йæ дзыккутæ куыд айвæзтон, уый. — Сæрхъæн! — йæ цæссыгтæ калгæ мын загъта уæд Зæлинæ. — Чи у сæрхъæн? — ныууырдыг дæп чызгмæ — Æз сæрхъæн дæн? Уыцы иу лæбурд ып фæкодтон йæ къухтæм. Рас- къæфтон ын йæ портфель, цалдæр зылды нæ ’ркодтон уæлдæфы æмæ йæ фехстон уынджы астæумæ. — Дæ цæнгтæ бахус уæнт, къæдзой! — ме ’рдæм кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæн мыл ныххуырста йæ зæрдæбын æлгъыст æмæ фидис, стæй азгъордта йæ портфелмæ. Уынджы тигъæй рагæпп кодта уæзласæн машинæ. Уый йæ нæ уыдта. Афтæ мæм фæкасти, цыма йæ машинæ ныртæккæ йæ цæлхыты бын ассæнддзæн. — Зæлииæ! — ныхъхъæр кодтон мæ хъæлæсыдзаг. Фæлæ мæм афтæ фæкасти, цыма, мæ хъæр мæхимæ дæр нæ фехъуысти. Уыцы рæстæг мæ хъустыл анæрыд цавæрдæр æфсæйнæгты æвирхъау хъыррыст, стæй та Зæлинæйы цъæхахст. Машинæ дзыхълæуд фæкодта йæ мидОынаты. Цæлхытæ сæ фæстæ асфалтыл ныууагътой дыууæ æрттиваг сау фæды, сæ бынæй скалди фæлурс фæздæг, цыма судзгæ скодтой. Зæлипæ йæ цæпгтæ 56
фæйнæрдæм æнæмæт æппæрст акодта, афтæмæй дæр- тъæл хуыссыди фыццаг цæлхыты тæккæ раз. /Ез йæ уæлхъус куыд февзæрдтæн, уый пæ бафнп- папдтон. Фæлæ шофыр мæиæй фæраздæр ис. Февпæлд- та чызгмæ, слæууын æй кодта. Зæлинæйы рæсугъд цæсгом уыди ногæхсад цикъæйы хуызæн, Йæ фæлурс уадултыл згъордтой ставд цæссыгтæ. Æмризæджы рыз- тысты æрыгон шофыры къухтæ æмæ æфсæры къæдз дæр. Мæрдвæлурс цæсгомыл, суадæттау, уади хид. — Дæхи дæр фæцæй сæфтай, хорз чызг, æмæ мæн дæр! — ризгæ хъæлæсæй йын бауайдзæф кодта шофыр, чызгæн йæ зæрдæ йе’муд куы ’рцыди, уæд, стæй йын йæ дæларм фæхæцыди, цыма йын ахауынæй тарсти æмæ йæ бахæциæ кодта уынджы инпæ фарсмæ. Æз систон Зæлинæйы портфель. Бæстон ын асæрф)- тон йæ рыгтæ æмæ йæм æй сæргуыбырæй бахастоп. Уый йæ мæ къухæй скъæфæгау акодта, фыдæх цæстæй мæм æрбакасти, фæлæ дзургæ ницы скодта, афтæмæй фæрасти сæхирдæм. Машинæ раджы аивгъуыдта. Зæлипæ дæр уынджы тигъыл раджы фæаууони, уæддæр ма лæууыдысты, уырдæм чи ’рымбырди, уыцы адæм. Сæ иутæ ’ппæлы- Дысты шофырæй, чызджы, дам, мæлæтæй фервæзын кодта. Иннæтæ æнауæрдонæй æфхæрдтой уыцы „фыда- хин", уыцы „мæлинаг" лæппуйы. Чидæртæ ма дзы мæ- нæй дæр раппæлыдысты, Зæлинæйы цурмæ ’ппæтæй Раздæр кæй бахæццæ дæн, уый тыххæй. Уыдон цæмæй 3ьгдтой, уыцы „фыдахин" лæппу дæр æз кæй уыдтæн, 57
уый. Гъе, æмæ мæ цалынмæ нæ базыдтой, уæдмæ мæхи айстон сæ разæй. Ныр æппæт уыцы нывтæ мæ цæстытыл ауадысты æмæ та зæхмæ ныккастæн, цыма Зæлинæ мæ разы лæу- уыди æмæ мын ныртæккæ бауайдзæф кæндзæни, уы- йау. ... Дыккаг райсом, куыддæриддæр скъолайы къали- дормæ бахызтæн, афтæ къулы газеты раз лæугæ бай- йæфтон скъоладзаутæй иу къорды. Худæгæй уадзгуы- тæ кодтой. — Ой, Бæби фæуай, Бæби! — Мæ хъустыл ауади кæйдæр ныхас, стæй та худын. — Раст хылгæнæг уа- сæджы каст кæиы дада Хæмæтмæ... Йæ къæхтæ дæр рауадысты æрыгон уасæджы къæхты хуызæн... — Йæ фындз та — нæл гогызы фындзы хуызæн, — йæ ныхас баппæрста иннæ. — Бакæсут-ма, бакæсут. Хæмæты лулæйæ Бæбийы фындз кæд рауади даргъ- дæр. Кулы газеты раз уыйбæрц скъоладзаутæ цæй фæ- дыл æрæмбырдысты, афтæ зæрдиагæй цæуыл худынц, уый мын зын бамбарæн нæ уыди. ... Цалдæр боны размæ Бæби раскъæфта кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй кæйдæр худ æмæ йæ, пуртийау, къуырттытæгæнгæ, айста йæ разæй. Ацы æнæуаг ми федта скъолахъахъхъæнæг, ахуыргæнинæг- ты хæлар Хæмæт. Уый бауайдзæф кодта Бæбийæн. Уæд Бæби фæуагъта кæйдæр худ æмæ фездæхти зæронд Хæмæтмæ: 58
— Цы дæ хъæуы мæнæй? Исты дæ худ у? Цы мыл хъæртæ кæныс? Æви ацы скъолайы директор мæ фыд пæ, фæлæ ды дæ?! — Стæй йæ тымбыл къух бахаста Хæмæты фындзы бынмæ. — Сабыр, дурдзавды хуызæнæй куынæ лæууай, уæд дæ сардаудзынæн гыццийыл (уый йæ мадæй загъта — математикæйы ахуыргæнæгæй) æмæ тæккæ райсом дæ -кой, дæ хъæр нал уыдзæн ацы ран. Дæ куыстæй дæ фæтæрын кæндзынæн! Бæбийы ахæм æнæгъдау миты тыххæй чидæр ныф- фыста къулы газетмæ. Æз та дысон сыгъдæг рафыс- тон уыцы уацхъуыд, стæй ма йын карикатурæ дæр скодтон. Цас ыл фæхудтысты редколлегийы уæнгтæ дæр, уæлдайдæр та Зæлинæ. Æмæ ныр къулы газеты раз уыйбæрц бирæ адæм лæугæ куы баййæфтон, стæй Бæбийы туджызилгæ цæс- гом куы федтон, æрмæст уæд бамбæрстон, бархийæ та мæхицæн цы ног фыдбылыз сарæзтон,уый. Хъуыдыты аныгъуылдтæн æмæ та æрбаймысыдтæн, фыццаг хатт цы карикатурæ скодтон, уый. (Æмæ мæ, æвæдза, рох та кæд фæци, мæ хæдзар мын уый куы фехæлдта, уæд?). Уыцы хабар рауади, æхсæзæм къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд, математикæйы урокыл: ахуыргæнæг нын Цыдæр куыст ныффыста къласы фæйнæгыл. Мах сæ райдыдтам аразын. Ахуыргæнæг азылд партæтыл, æр- касти, чи куыд кусы, уымæ. Лæвæрд куыст разынди хæрз æнцонаразæн. Уайтагъд сæ ацарæзтон, æмæ æн- Цад бадтæн. Афæнд кодтон мæ тетрад ахуыргæнæг- 59
мæ авæрын æмæ дзьт æддæмæ ахизыны бар ракурын. Фæлæ... Фæлæ фемдзаст дæн ахуыргæнæгмæ. Уый бадти стъолы фарсмæ, æмæ цымыдпсæй кастн, йæ порт- фелæп цы стыр сырхфарс фæткъуы систа, уымæ. Стæй йæ асæрфтытæ кодта, йæ дзæнхъайы хуызæн, фæтæн- гомау, дæндæгтæ дзы мæсты сагъд фæкодта æмæ сын- дæггай, цыма сæ нæ фæндыди, афтæ змæлын райдыд- той йæ фидар æфсæртæ. Мæнмæ диссаг иæ фæкасти ацы хъуыддаг. Афтæ- иу арæх кодта математикæйы ахуыргæнæг: мах -иу исты куыстыл бафтыдта, стæй-иу йæ портфелæй сис- та фæткъуы кæнæ кæрдо, æмæ æууилгæ рацу-бацу кодта иу партæйæ иннæмæ, касти, чи куыд архайдта, уымæ. Йæ амæттагæй-иу куы фервæзти, уæд та-иу сласта кæсæн, былтæахорæн помадæ æмæ-иу минутмæ туджы хуызæн сырх-сырхид фестын кодта^йæ былтæ. Мах сахуыр стæм нæ ахуыргæнæджы ацы миниуæ- гыл, æмæ нæм афтæ кæсын райдыдта, цыма, уый æу- уилгæ куынæ кæна, уæд нæ фидаудзæни, стæй, цыма, махæн дæр æнкъард уыдзæн. Гъе, æмæ та ныр дæр сырхфарс егъау фæткъуы йæ быны куы скодта, уæд мæ йæ рæмбынкæдзæй ба- къуырдта, нæ къласмæ хæрзæрæджы цы ныллæггомау, къæсхуыртæ лæппу ’рбакодтой æмæ мæ цуры кæй сбадын кодтой, уый. Лæппу мын йæ цæстæнгасæй аца- мыдта ахуыргæнæгмæ, стæй йæм цымыдисæй ныккасти. Æз афтæ фефсæрмы дæн æпахуыр лæппуйæ, раст цыма мæхæдæг уыдтæн, къласы цы не ’мбæлы, уыцы мигæнæг. 60
Исдуг æнцад абадтæн, стæй къарандасæй цыдæртæ хæххытæ кæиын райдыдтон гæххæтты сыфыл. Нырма пе ’мбæлттæй сæ фылдæр æнувыдæй архайдтой, аф- тæмæй мæм гæххæтты сыфыл фæзынди сылгоймаджы фæлгондз. Уый зыдæй хæры йæ сæрæй егъаудæр фæт- ,къуы. Сæ армытъæпæнтæ сæ роцъотæм быцæу сæвæрд- той, афтæмæй йæм хæлæггæнæджы каст кодтой цал- дæр сывæллоны — чызджытæ æмæ лæппутæ. Раст зæгъын хъæуы, иыв нæ уыди нæ ахуыргæнæ- джы хуызæн, стæй, мæнмæ гæсгæ, уый хуызæн рауа- даид, ууыл хъуыды дæр нæ кодтон, фæлæ, æвæц- цæгæн, цæмæйдæрты рауадп уый æнгæс. — Цæуылнæ кусыс, лæппу?—æнæнхъæлæджы та мæ уæлхъус алæугæйæ, афарста ахуыргæпæг. — Æви уал де ’мбæлттæ арæзт фæуой сæ рардтæ, стæй сæ уыдо- нæй цæттæйæ рафыссай? — Æмæ йæ къух фæдаргъ кодта, нырма æххæст арæзт кæй нæ фæдæн, уыцы пывмæ. — Сарæзтон сæ, ахуыргæнæг, — къæмдзæстыгæй йын загътон æмæ йæм радтон мæ тетрад. Ныв хъуамæ ам- бæхстаин, фæлæ та ногæй æрбадаргъ кодта йæ къух, уый дæр æри, зæгъгæ. — Математикæйæ ницы æмбарыс, фæлæ карикатурæ- тæ кæнынмæ дæспы дæ, —- мæстыйæ мын бауайдзæф кодта ахуыргæнæг, стæй, мæ къухæй скъæфæгау цы гæххæтты сыф акодта, уый ныппæрста йе стыр портфелы. Уæдæй фæстæмæ мæ йе сæфт уыдта ахуыргæнæг. 61
Цыфæнды хорз сарæзтаин цæвиттонтæ, рардтæ кæнæ контролон куыст, уæддæр ницæй тыххæй æркастаид мæ тетрадмæ. Куыдфæнды сахуыр кодтаин мæ уроктæ, уæддæр мæ нал бафарстаид. Æмæ-иу мæм искуы иу хатт фæкомкоммæ ис, æфсоны фарст мæ акодта, зæгъ- гæ, уæддæр, æвæццæгæн, уый тыххæй, цæмæй та къла- сы журналы мæ номы комкоммæ, стæй мæ бопæджы дæр фæзындаид ноджы иу „2". Цух мæ нæ уагъта рæхойæн ныхæстæй. Ме ’цæг ном та дзы бынтон фе- рохи: „Зивæджы дзæкъул" мæ хопын райдыдта. Уымæй тынгдæр та мæм сфыдæхи йæ лæг (уый нæ директорæй зæгъын). Æвæццæгæн ын радзырдта уыцы æнамонд карикатурæйы хабар, сардыдта мæ. Æцæг уыцы бонæй фæстæмæ нæ ахуыргæнæг йæ къухмæ фæткъуы никуыуал райста, фæлæ... О, фæлтау нывкæпыны сæраппод къарандас мæ къухмæ куы никуы райстаин мæ цæрæнбонты уæд, чи зоны, афтæ нæ ныггалиутæ уыдаиккой мæ хъуыд- дæгтæ. „Дысон ын йæ фырты сныв кодтон къулы газеты иоджы ма уый куы базона, митæ йæм уæд уыдзæни! — бакатай кодтон, къалидорæй мæм къласмæ ахуыргæнæ- джы тызмæг ныхас куы ’рбайхъуысти, уæд. Бæби мæм æгæр хæрам цæстæнгасæй кæсы райсомæй иырмæ. Æвæццæгæн, базыдта дысоны хабар. Фæлæ йын чи загътаид: Æхсар? Зæлинæ? Нæй. Уыдон афтæ никуы ба- кæндзысты... Уæдæ чи уыдаид уыцы дывзагон?.. Кæд Бæби исты фехъуыста, уæд æй нæ мадæн æнæмæ иг 62
загътаид. Æмæ та ныр уый загъд-заманамæ хъус... Æниу дзы цы аххосджын дæн? Редколлегийы уæнгтæ мын цы загътой, уый бакодтон.. Æз куынæ уыдаин, уæд æй Æхсар йæхæдæг сарæзтаид. Æцæг уымæн афтæ аив нæ рауадаид. Райхъуысти дзæнгæрæджы хъæр. Скъоладзаутæ сæ бынæттæ бацахстой. Æнхъæлмæ кæсынц ирон æвзаджы ахуыргæнæгмæ. „Дзæнгæрæг æй къласы куы ’рыййафы, уæд ацы хатт куыд æрæгмæ цæуы?и — бадис кодтон мæхинымæр. Æваст байгом ис дуар. Къæсæрыл фæзынди математи- кæйы ахуыргæнæг. „Чидæр, дам, битъынайæ тарсти, æмæ йæ уæлкъæ- сæр æрзади! — ахъуыды кодтон ахуыргæнæджы фенгæ- йæ. — Абон нын математикæ куынæ ис, уæд"... — Ирон æвзаджы ахуыргæнæг фæрынчын. Уый урок- тæ уын нæ уыдзысты. Гъе, æмæ дзæгъæлы бадыны бæсты математикæйы уроктæ куы саразæм, уæд пайда- дæр уыдзæни, — хъæрæй дзургæ æрбацыд Бæбийы мад — нæ ахуыргæнæг. Уый къласы журналмæ куы касти, уыцы рæстæг Бæби размæ фæгуыбыр кодта (мæ фæстæ бадти) æмæ мæ разы æрæвæрдта гæххæтты гæбаз. Систон æй æмæ кæсын: „Къæлуайæ фыркъа, зивæджы дзæкъул! Фæлæу мын урокты фæудмæ. Дысон мæ къулы газеты кæй сныв кодтай, уый тыххæй дын дæ хæлын хъустæ дæ армы авæрдзынæн. Де ставд былтæ дын афтæ сныв 63
кæндзыиæн, дæ саукъах мад дæр дæ куыннæуал ба- зона!" Тынг хъыг мын уыди, Бæби мæ мады саукъах кæй рахуыдта, уый. Мæ зæрдæ адæнгæл ис мæстæй. Фæлæ йæм ницы сдзырдтон, æрмæст æм уайдзæфы цæстæй бакастæн. Æмæ мын сдзурæи дæр пæ уыди: фыццагдæр уымæн, æмæ урокыл дзæгъæлы дзурæннæй. Уæд таæп- пæт дæр мæн аххос фæкодтаиккон. Дыккаг та уый, æмæ хæрз æрæджы гыццийæн, стæй мæхæдæг мæхицæн дæр фидар дзырд радтон, чи цыфæпды дзурæд, чи цыфæнды аразæд, уæддæр хъуамæ мæхиуыл хæцон, мæхи уро- мон, цæмæй мæн тыххæй мæ мадæп мачиуал бауапдзæф кæна. — Æз дып фенын кæпдзыиæи, æвзæр зивæджы дзæ- къул! — æрбадзырдта та мæм Бæби. Æмæ та йæм куы- ницы сдзырдтоп, уæд мын тымбыл къухæп мæ фæсонтæ æрбариуыгъта. — Дæ къухтæ дæхимæ дар, былджын куыдз! — ахуыргæнæг мæ куыннæ фехъуыстаид, афтæ ныллæг хъæлæсæй загътон, Бæбийы ’рдæм фездæхгæйæ. — Нал дæ фæразын, Инал. Нал дæ фæразын! — пæ къухтæ мыл сцагъта ахуыргæнæг. (Афæдзæй фылдæр рæстæджы дæргъы ма мæм мæ помæй ацы хатт сдзырд- та). Хъуамæ ма иу хатт зæгъон директорæн, цæ^гæй ацы скъолайы кæнæ ды мауал уай, кæннод та мæхæ- дæг! Цы бакæпон, цы дзуапп раттоп ахуыргæнæгæн, уый нал ахста мæ зонд. Хъуыдыты аныгъуылдтæп, æиæах- хосæй мæ кæй аххосджын кодта, уый тыххæй. 64
Нæ бамбæрстон, Æхсар мæ цурæй куыд фестади, Бæбийы фыстæг мæ разæй куыд фелрæста æмæ йæ ахуыргæнæджы æртты куыд фæсагъта, уый. Ахуыргæнæг йæ цæст цырд ’ ахаста гæххæтты гæ- базыл, стæй тызмæг цæстæнгасæй бакасти Æхсармæ. —- Лæппу, фест-ма! (Ахуыргæпæг-иу мæсты куы уыди, уæд скъоладзаутæй номæй никæмæ дзырдта). Æхсар, æвæццæгæн, нæ бамбæрста, кæцы лæппумæ дзуры, уый æмæ æнцад бады. — Дæумæкуы дзурын, лæппу! — хъæрæй та сдзырд- та ахуыргæнæг æмæ йæ рахиз къухы даргъ æн- гуылдзтæ ахæм даргъ фæкодта Æхсары ’рдæм, цыма йын йæ дыууæ цæсты акъахынмæ хъавыд. Лæппу фæ- гæпп кодта æмæ йæхи рацæттæ кодта, ахуыргæнæг ын дарддæр цы зæгъдзæни, уымæ байхъусынмæ. — Чи дæ баурæдта фæткхалджыты сæрылхæцæгæй? Æви дæхæдæг дæр уыдонæй дæ æмæ дæ ныры онг нæ зыдтон. Цæугæ ардыгæй,, æмæ цалынмæ дæ мад кæнæ дæ фыды æрбакæнай, уæдмæ дæ скъолайы куын- нæуал феион! Æхсар ницы сдзырдта, афтæмæй райста пæ портфель. Къæсæрæй ма иу каст фæкодта, стæй дуар сындæг- гай ахгæдта йæ фæдыл. „Ныртæккæ та мæн дæр тæрдзæпи," — ахъуыды кодтон мæхипымæр æмæ мæхи рацæттæ кодтон ацæ- уыпмæ. Фæлæ. ахуыргæпæг йæ тыхджып æртты ’хсæн мæсты æууæрст акодта, чысыл раздæр æм Æхсар цы гæххæтты гæбаз авæрдта, уый, стæп цыдæр ахъуыды 5* 65
кодта æмæ гæххæтты гæбаз портфелы нывæрдта, стæй райдыдта урок. Уыцы боны уроктæ дæр та мæ хъусты иувæрсты афардæг сты. Къулыл хоры нæмгуытæ куыд бакалай, æмæ йыл дзы куыд ницы фæхæца, афтæ мæ сæрмæ дæр ницы бахъардта, ахуыргæыджытæ нын цы амыдтой, уымæй. Ме ’нкъард хъуыдытæ, сагъæстæ зилдух кодтой æрмæст иу фарсты алыварс: „Ахуыргæнæгæн йæ фырт куы у аххосджын, уæд мæн цæмæн фæкодта уайдзæфты бын? Науæд цы фæрæдыди Æхсар, урокæй йæ цæмæн асырдта?" — Ахæм хъуыдытимæ цыдтæн нæ хæдзармæ, уроктæ куы фесты, уæд. Цыдтæн иунæгæй æмæ фарс- тон мæхи: „Цы бакæнон? Мæ сæр кæдæм фесафон ацы ахуыргæнæгæй?" Мæ разæй цыдысты Бæби, Зæлинæ æмæ ма ноджы чидæртæ. Нæ мæ фæндыд сæ баййафын æмæ фæсабыр кодтон мæ цыд. Раст, цыма мæ хъуыды бамбæрстой, уыйау æрлæууыдысты æмæ цæуылдæр ныхас кодтой. Бæргæ мæ нæ фæндыди ныртæккæ Бæбийыл фембæлын, фæлæ мын æндæр рæтты дцæуæн иæ уыди, фæстæмæ аздæхын та мæм аив нæ фæкасти. Сæ иуваёрсты куы фæцæйхызтæн, уæд Бæби мæ разы фæлæууыди. Йæ къухы уыди цыбыргомау лæдзæг. — Чысыл ма фæлæу, куыдзы фырт! Карикатурæтæ- гæнæг дæ чи скодта? Æви нæ зоныс, чи дæн, уый?! — фырмæстæй йæ уæллаг был фесхъиу-фесхъиу кодта, афтæмæй дзырдта Бæби. Æз хъавыдтæн йæ иувæрсты ахизынмæ, нæхимæ атындзынмæ. Фæлæ уый йæ лæдзæг 66
ныззылдта æмæ... Цæф æруади мæ галиу уæхскыл. Цæстытæ атарытæ сты. Мæ маст рафыхти. Иуварс фехс- тон мæ портфель. А-ныр мæхи ныххуырсон мæ бафхæ- рæгыл, афтæ мæ разы февзæрди гыццийы тыхст цæс- гомы хуыз. Цыма та йæ уадултыл йæ цæссыгтæ æнæв- гъау уадысты. Цыма йæ фæллад цæнгтæ айтыгъта мæ разы, ныххæцыди мын мæ къухтыл æмæ мын лæгъзтæ кæны: „ма ныццæв, хъæбул! Ма фæрæди!" Мæ мидбынаты лæугæйæ баззадтæн, æндзыгау. Афтæ æндзыггондæй лæууыдысты Зæлинæ æмæ иннæтæ дæр. Зæлинæйы тарст цæсгомыл хуылыдз фæд æркодтой дыууæ цæссыджы. — Кæйдæрты тыххæй дын хатыр кæпын ацы цæф, — мæ цæссыгтæ тыхамæлттæй урæдтон, афтæмæй ризгæ хъæлæсæй загътон Бæбийæн. — Дыккаг цæф та ныххатыр кæндзынæ, æдых, æнæ- сæрæн æмæ хæлиудзых кæй дæ, уый тыххæй! — бахъ- уыр-хъуыр кодта Бæби. Ноджы ма мæ ныццæвдзæни, уый æнхъæл нал уыдтæн. Цæмæй тагъддæр фæхицæн уыдаин ацы бæллæхы лæппуйæ, цæмæй йæм мæ къух ма аирвæз- таид, уый тыххæй фæгуыбыр кодтон мæ чингуытæм. — Бæби, мауал æй ныццæв! — мæ хъустыл ауади Зæлинæйы хъæр. Æмæ мын мæхи сраст кæнын дæр нæма бантысти, афтæмæй Бæбийы лæдзæг ныр та æр- уади мæ фæсонтыл. Исдуг размæ фæцудыдтон, стæй фидар.фæлæууыдтæн мæ къæхтыл. Куыддæр фæхæццæ ис мæ зонд. Стъæлфæнтæ атахти мæ цæстытæй. Бæби- йы лæдзæг мæ къухты куыд февзæрди, уый нæ базыд- 67
тон, нæ бамбæрстон, уынджы хъæбæрыл куыд фæдæл- гом ис, уый дæр. Цæмæн афтæ бакодтой, уый нæ зонын, фæлæ не ’мбæлттæ, дурдзавдау, æнцад лæууыдысты, йæ бына- тæй сæ ничи фезмæлыди, мæн баиргъæвыны фæнд сæ йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыди. Сыбыртт сæ никæй дзыхæй схаудта. Æмæ нæм Сослан куынæ ’рба- хæццæ уыдаид, лæдзæг мын мæ къухтæй куынæ стыд- таид, уæд нæ зонын, кæдмæ йæ най кодтаин, стæй хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдаид, уый Уыцы иу æхстуадæй фæмидæг дæн нæ фатеры, чин- гуытæ баппæрстон тæрхæгмæ æмæ фæдисы згъорд ра- кодтон уынгмæ. Нæ бафиппайдтон, хидмæ кæуылты æмæ куыд бацыдтæн, уый. Нæ хъуыды кодтон, дард- дæр мын кæдæм цæугæ у, цы аразын хъæуы. Исдуг æдзынæг кастæи цæугæдонмæ. Уый ласта стыр ихы къæрттытæ. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ фæкасти, цыма дæлæ стыр дуры фæсдзæгат цы ихтæ ныццæхгæрысты; уыдон ныццæндысты мæ зæрдæйыл. Ацы хатт мæхи аф- тæ банкъардтон, цыма зæххы къорийыл мæнæй мæгуыр- дæр, мæпæй æнамопддæр адæймаг нал ис. Цыма дæн, а-дунейыл иу хæлар, иу зæрдæдаргæ æмгар дæр кæ- мæн нал ис, йæ мад, йæ иунæг хо дæр сæ къух кæуыл систой, ахæм зыбыты иунæг. Тынг батæригъæд кодтон мæхицæн. Лæууыдтæн хидыл. Æнкъард, æрхæндæгæй кастæи донмæ æмæ хæлæг кодтон, уыцы ихджыи доны афтæ сæрибарæй цы дыууæ бабызы ленк кодта, уы- донмæ. 68
ÆРТЫККАГ СÆР МÆ ФЫЦЦАГ ДАРД БАЛЦ Горæтыл йæ сау нымæт байтыгъта уазал æхсæв. Æваст ферттывтой уынгты фæйнæфарс бæрзонд цæджын- дзтыл ауыгъд цырæгътæ. Цы хидыл лæууыдтæн, уый дæр афтæ ныррухси йæ иу кæронæй иннæмæ, æмæ дзы судзин дæр нæ фæаууон уыдаид. Адæм дыууæрдæм кодтой хидыл: алчи сæ тыидзыдта йæ хъуыддаджы фæ- дыл, кæннод та йæ хæдзармæ. Æрмæст мæн никæдæм хъуыди тагъд кæиын: мæнæн нал уыди скъола, хæдзар, хъуыддаг. Цу, мæнæуый, кæдæм дæ фæнды, дæ къæх- тæ дæ чердæм хæссой, уыцырдæм. Мæ къæхтæ мæ ахастой æфсæнвæндаджы станцæйы ’рдæм. Фæлæ цæмæн, цы мæ хъуыди уым, уый мæ хи- вæнд къæхтæ нæ, фæлæ мæхæдæг дæр не ’мбæрстон, стæй йыл хъуыды дæр нæ кодтон. Вокзалы уыди бирæ адæм. Æнхъæлмæ кастысты поезд- мæ. Æмæ, æвæццæгæн, рæстæг цыбыр кæныны тыххæй бадтысты къордгæйттæй, иыхас кодтой алыгъуызон те- мæтыл. Чи та, йæ чемодантыл йæ къæхтæ сæвæргæйæ, 69
фæстæдзæг йæхи ауагъта даргъ бапдоны чъилыл æмæ уыдта адджын фынтæ. Уыцы стыр залы адæмæй мын иунæг зонгæ дæр кæй нæ разынди, уый мын æхсызгон уыди. Фæлæ уæд- дæр мæ худ дæлæуæз æруагътон мæ цæстытыл, хæрд- мæ схæцыдтæн мæ палтойы æфцæгготыл, афтæмæй, чъыз- гæйæ, ацагуырдтон сæрибар бандон. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ касти, цыма уытæппæт адæм иууылдæр зо- нынц, абон мыл цы бæллæхтæ ’рцыди, уыдон. Цыма се ’ппæт дæр сæ цæстæнгас скодтой мæнмæ, бæрæг кæ- нынц мæ алы фæзылд. Мæхи ма цы фæкодтаин, кæм амбæхстаин, уый нал зыдтон. Исдуг афæнд кодтон фæс- тæмæ уынгмæ ахизын, адæмы дызæрдыг цæстæнгасæй мæхи баууон кæнын. Фæлæ мæ уыцы хъарм агъуыс- тæй уазал уынгмæ мæ къах нæ хаста. Æппынфæстаг, сæрибар бадæн ссардтон вокзалы тæккæ талынгдæр къуымы. Фæллад уагъд æркодтон мæхи бандоныл, цæс- тæнгас сарæзтон къæхты бынмæ æмæ та æнкъард хъуы- дыты аныгъуылдтæн. Мæ ныхмæ цы дыууæ ацæргæ сылгоймаджы бадти, уыдонæй мæм сæ иу ахæм цымыдисæй ныккасти, раст цыма цæрæнбонтæм йæ зæрдыл бадарынмæ хъавыди мæ цæсгомы тæригъæддаг хуыз. Мæ зæрдыл æрбалæууыди мæ мад. Мæ цæстытыл ауади, ныртæккæ мæ куыд тыхс- тæй агуры уынгты, стæй мæ куынæ ссара, уæд цытæ кæндзæн, уый. Æваст æрбахгæдтой мæ улæфæнтæ, раст цыма мын кæйдæр домбай къухтæ æрбалхъывтой мæ хурхысæртæ. Бирæ мæ нал бахъуыди фæгæпп кæнын 70
æмæ нæхимæ азгъорынмæ. Фæлæ мæхн ныуурæдтон. - Раст мæм уыцы рæстæг æрбайхъуысти, æдзынæг мæм чи касти, уыцы усы мæсты ныхас: — Уæртæ та уый дæр уыцы дыууæ мæлинаджы æм- бал ма уа, уый мæ нæ уырны. Сæ къухы ницы бафтыд, æмæ ныр се ’мбалы æрбарвыстой, цæмæй куы афынæй уæм, уæд иын нæ муртæ афардæг кæна, — дзырдта уый æмæ йæ къæхтæ биноиыгдæр æрæвæрдта, йæ разы цы егъау зæронд чемодан уыди, ууыл. — О, æмæ цы хæдзæрттæй цæуынц, цы хæдзæрттæй, æдзæрæг фæуой! — Æмæ кæд ницыгæнæг сты, кæд давыны хъуыды сæ фæсонæрхæджы дæр нæй æмæ сæ æнæхъуаджы æф- хæрæм, уæд та? — дызæрдыггæнæгау бакодта иннæ сыл- гоймаг. — Ницыгæнæг сты, ницыгæнæг! — фæзмæгау скодта фыццаг сылгоймаг æмæ йе стыр, тызмæг цæстытæ фæ- сагъта фыццаг йе ’мбалы, стæй та мæн. —-Æ, уастæн сæ афтид бабадой сæ ныййарджытæ, кæд ницыгæнджы- тæ ацафон ам нæ фæлекка кæнынц! Ды æркув-æркув кодтай. Ницы уыдтай. Æз та сæм кæсгæ кодтон: фыц- цаг нæ алывæрсты цалдæр зылды æркодтой, нæ дзау- мæттæй сæ цæстæнгас нæ истой, афтæмæй. Стæй уæр- тæ уый цы бандоныл бады, ууыл æрбынат кодтой уы- Дон дæр æмæ æнхъæлмæ кастысты, æз дæр кæд æр- фынæй уыдзынæн, уымæ. Фæлæ уыцы мæлинæгтæ кæй акуырм кæной, æз уыдонæй нæ дæн. Мæнæй ницы ахæс- Дзысты. Исдуг сæм æнцад фæкастæн, стæй сыл уыцы иу 71
тъæлланг фæластон, ныртæккæ, зæгъын, милицæмæ фæ- дзурдзынæн. Уæдмæ ды дæр дæ фыптæ уыпд фæдæ æмæ... — Æвæдза йæ æгæр фæцæхджын кодтай. Æз дæр сæм кастæн, фæлæ сæм мæ зæрдæ ницæмæй фехсайд- та. Ам вокзал у. Алчи йæ хъуыддаджы фæдыл цæуы. Æмæ сæ давджытæ, фыдгæнджытæ хонæм, уый раст нæу. — Гъе, æмæ уыдонæн та сæ хъуыддаг у, кæмæй цы фæбырын кæной, кæй дзыппæй цы фæцъипп кæной. Æмæ зилынц, агурынц дæу хуызæн стырзæрдæ, хæлиу- дзыхты, — йæхи ныхас кодта фыццаг сылгоймаг. Стæй та мæм фемдзасти. — Бакæс-ма йæм, нæ цæстытæ куыд ирвæзтытæ кæнынц, рахауой йын мæ размæ! „Æвæццæгæн мæ давæг æнхъæлы, — ахъуыды код- тон æз æмæ ноджы тынгдæр æриыгъуылдтæн мæ бына- ты.—Æдылыкъоппа! Ды цæмæй зоныс, нæ хæдзары стъолæй дзулы къæбæр никуы райстон мæхивæндæй, цалынмæ мын радтынц, уæдмæ, уæд дын ныр абырæг фестадтæн?!" — мæхинымæр бауайдзæф кодтон, æнæ- хъуаджы мæ чи ’фхæрдта, уыцы фыдцъылыс усæн. Хъуыды кæнын райдыдтон, цы „дыууæ мæлинаджы" кой кодта, уыдон чи уыдысты, ууыл. Кæд миййаг Хазби æмæ Будзи уыдысты? Фæлæ ацы ус куыд дзуры, афтæ- мæй уыцы лæппутæ æцæг давджытæ сты. Хазби æмæ Будзийы та мæхи цæстæй куы фенон давгæ, уæддæр мæ нæ бауырндзæни. Æцæг у, дзæгъæлы бирæ лекка кæнынц, тамако дымынц, къамтæй хъазынц, искуы иу 72
хатт ’нуазгæ дæр акæнынц, фæлæ уæддæр давджытæ кæй не сты, уый мæ фндарæй уырны... — Дæ цæстытæ цы ныццавтай мæ чемоданмæ, раха- уой дын мæ размæ! — æваст фæхъæр кодта фыдцъылыс ус. — Цы дæ хъæуы? Цы дзы нывæрдтай? Æви дзы дæ гыццыл уд ныххаудта?! Æз фесхъиудтон. Фестадтæн æмæ фæрсæджы каст бакодтон усмæ. — Дæ тæндзæхтæ куы ацæгъдай мæ разы, уæддæр мæ ницы адавдзынæ... —- Цытæ дзурыс, мæ мады хай? Æз давæг пæ дæн, —- мæ кæуындзæг хъуырмæ схæццæ ис, афтæмæй ар- хайдтон мæхи сраст кæныпыл. Фæлæ мæ уайтагъд фæ- урæдта -мæсты сылгоймаджы цъæхахст: — Афтид дæ абадæд дæ мады хай, кæд уæдæ ардæм бæркæдтæ пе ’рбахастай! Дæ рахауинаг цæсты- тыл бæрæг у, цы маргъы мыггагæй дæ, уый. Фæлæ дæ- хи айс ардыгæй, науæд милицæмæ фæдзурдзынæн æмæ... Милицæйы кой мын мæ зæрдæ банкъуысын кодта. Уы- цы усы ныхасæй миййаг нæ фæтарстæн. Ам, вокзалы, æвзæрæй ницы арæзтои. Никæмæй ницы давтои. Стæй мæ хъуыдыйы кæрон дæр пæ уыди уыцы хъуыддаг æмæ мæм цы азым хъуамæ æрхастаид милицæ. Фæлæ та мæ цæстыты раз февзæрди Бæби уынджы хъæбæрыл дæл- гоммæ фæлдæхтæй, Мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта, Дыма Бæбийы мад, нæ ахуыргæнæг, хабар фехъусын кодта милицæмæ. Ныр мæ уыдон агурынц. Æмæ ацы фыдцъылыс ус æцæг куы фæдзура милицæмæ, уæд мæ рафæрс-бафæрс райдайдзысты. 73
Уыцы æнæицой усы ’рдæм кæсгæ дæр нал фæкод- тон, афтæмæй фестадтæн æмæ мæхи байстон иннæ къуыммæ. Фæлæ та мæм уырдæм дæр бахæццæ ис йæ рæхойæн ныхас: — Ды та йæ зæды къалиу, дзæнæты цъиу хоныс,— уайдзæф кодта йе ’мбалæн. — Федтай: куыддæр мили- цæйы кой скодтон, афтæ дзæбæх куы фæлидзæг ис... О, фæлæ йæ мад æмæ йæ фыд кæм мæрдты сты, кæм? Цымæ цæуыл фæхъуыды кæнынц?.. Чи йæ зоны, ноджы ма цытæ æмæ цас фæхъуыр- хъуыр кодтаид. Фæлæ уæдмæ, мæ амондæн, æрхæццæ ис, адæм цы поездмæ ’нхъæлмæ кастысты, уый. Æн- хъæлмæкæсæн залы уæды онг æнцад чи бадти, уыцы бæлццæттæ фæгæппытæ кодтой, райстой сæ дзаумæт- тæ æмæ, æзфæраздæронæй, атындзыдтой вагæттæм. Æз дæр адæмы ’хсæнты фæмидæг дæн иу вагоны. Æх- сызгон мын уыди, вокзалæй мæ лидзинаг чи скодта, уыцы сылгоймаг уым кæй нæ разынди, уый. Мæхицæн та ссардтон тæккæ фæсфæддæр, аууондæр бынат, æмæ та мæ сæр ныллæг ’æруагътон: билет мæм кæй иæ уы- ди, уый тыххæй тарстæн, куы мæ ахизын кæной, уымæй. Æппынфæстаг йæ бынатæй фенкъуысти поезд. Ва- гоны рудзгуыты рæзты цырдæй-цырддæр фæстæмæ згъорын байдыдтой, æхсæвы мæйдары тæмæнтæ чи калд- та, уыцы цырæгътæ. Хъуысын мæм байдыдта æндон цæлхыты уынæр æмæ мæм афтæ фæкасти, цыма се ’ндон’ хъæлæстæй кæмæндæр лæгъзтæ кæнынц: „тагъд- Дæр, тагъддæр, тагъддæр!" 74
А4æ уарзои горæты кæронæй куы ахызтыстæм, фæс- таг цырагъ ма уыцы иу æрттывд куы фæкодта, стæй куы фæмынæги, мæйдар æхсæв нæ куы аныхъхъуырд- та поездимæ, уæд мæ зæрдæ æхсæвæй талынгдæр ныц- ци. Афтæ мæм касти, цыма уыцы фæстаг цырагъы рух- симæ баст уыдысты мæ зæрдæйы тæгтæ æмæ ныр ас- къуыдысты, цыма нырæй фæстæмæ афтæ талынгæй баз- зайдзæни бæстæ дæр æмæ мæ зæрдæ дæр. Мæхинымæр афтæ стыхстæн, мæхи афтæ иунæг, ахæм æнамондæй банкъардтон, æмæ мæ алыварс цы бæлццæттæ бадти, уыдон æхсæн мын, зæгъгæ, иунæг дæр зонгæ разынди, суанг ма Бæби кæнæ йæ мад, мæ цард афтæ кæй аххосæй сдзолгъо-молгъо ис, уæд- дæр мæхи амондджын рахуыдтаин. Фæлæ нæй! Æмæ мæ зæрдæ йæхи хойын райдыдта риуы къултыл. Æд- дæмæ рарæмудзынмæ йæ бирæ нал хъуыди. Мæ фыр- тыхстæй ма мæм ахæм хъуыды дæр фæзынди, зæгъын, ауайон вагоны тыргъмæ, бакæнон дуар, асæррæтт кæ- пон тæхгæ поездæй. Æмæ ма кæд мæ къæхтыл слæу- уынхъом уон, уæд згъорон нæхимæ, гыццимæ. Фæлæ уыцы рæстæг вагоны дуарæй æрбахызти кондуктор æмæ бæрæг кæнын райдыдта, ацы станцы чи сбадти, уыцы бæлццæтты билеттæ. Цы акодтаин, уый нал зыдтон. Рудзынгæй кæсæг скодтои мæхи, кæд тынг талынг уы- Ди æддейæ æмæ дзы ницы уыдтон, уæддæр. Кондук- тор мæ цæйдæр тыххæй не ’рдомдта билет, афтæмæй аивгъуыдта иннæ кæроны ’рдæм. Æнцонæй сулæфыд- тæн. Чысыл раздæр мæм тæхгæ поездæй агæпп кæныны 75
фæнд кæй уыди, уый мæ бынтондæр айрохи. „Ницы кæпы, — зæрдæтæ ’вæрдтон мæхипæн, — исты амæлттæ кæпдзынæн. Искуы ахæм куысты ныллæудзынæн, цæмæй бон мæ къæбæры аргъ кусон, изæрæй та мын ахуыры фадат уа. Ме ’ппæт тыхтæ дæр сараздзынæн ахуырмæ... Иугæр рацыдтæн, уæд æгады здæхт пал акæндзынæн фæстæмæ, цæрон æви мæлон, уæддæр." Ахæм хъуыдытимæ мæхи ’руагътон бандоны кæрон тæккæ къулгæрон æмæ та æрныгъуылдтæн,, цæмæй ма кондуктор куы ’рбаздæха, уæд мыл йæ цæст ма -ауайа. Мæ фарсмæ бадтысты, иу æртын фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм сылгоймаг æмæ мæ карæн лæппу, æнæ- туджы хъæстæ, фæлурс цæсгомимæ. Сылгоймаг лæппу- йы раз æрæвæрдта карчы сгуытæ æмæ урс дзулы кæрс- тытæ. Хаты йæм, ахæр, мæ хъæбул, райсомæй нырмæ хор-доны хъæстæ куынæ дæ, зæгъгæ. Лæппу бас- чъилтæ кодта йæ тæнæг былтæ, цыма скæуынмæ хъа- выди. Хус хиталæджы хуызæн æнгуылдзтæй иуварс ахæцыди хæринæгтыл æмæ уынгæг хъæлæсæй, æхситт- гæнæгау, сдзырдта: — Нæ мæ хъæуы, гыцци, цал хатты дын загътон! — æмæ иннæрдæм аздæхти. — Мæнæ мыл цы бон ис демæ! Кæд ма мæхи амарон, æндæр ницыуал зоныи, — бакатай кодта мад æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. * Æрмæст уæд æрхъуыды кодтон, райсом скъоламæ куы цыдтæн, уæдæй нырмæ зыбыты æххормаг кæй дæн, уый. Схæлбурцъ кодтой афтид тъæнгтæ. Хъуысын 76
мæм байдыдта сæ мæсты хъуыр-хъуыр. Цæйдæр тых- хæй мæм афтæ фæкасти, цыма мæ ахсæны къуымты симы уазал дымгæ. Æххормаг куыдзы каст бакодтон, фæлурсцæсгом лæппуйы раз цы хæринæгтæ уыди, уы- донмæ. Æмæ ма мæ цæстæнгас тыхамæлттæй фæхицæн кодтон. Комыкъулты дæттæ æрызгъордтой. Фырадæр- гæй ма мæ былтæ стæрдтон. Лæппуйы мад, æвæццæ- гæн, бамбæрста мæ уавæр. Тæригъæдгæнæджы каст мæм æрбакодта. Исдуг цыдæр сагъæстыл фæци. Стæй мæм йæ къух æрбадаргъ кодта иу сгуы æмæ дзулы карстимæ. Æз сæм хъуамæ фæлæбурдтаин, фæлæ цы- дæр амæлттæй ныххæцыдтæн мæхиуыл. Æнæбары буз- ныг загътон хæларзæрдæ сылгоймагæн, стæй æвæндо- пæй сыстадтæн мæ бынатæй, сбырыдтæн, æппæты уæле- йæ цы тæрхæг уыд дзаумæттæ æвæрынæн, уырдæм, æмæ уым дæлгоммæ ныххуыссыдтæн. Хæринæгты уынгæ нал кодтон, фæлæ сæ мондаггæнæн тæф уæддæр мæ фындзыхуыичъыты баззади. Ме ’ххормаг гуыбынмæ хъусгæйæ, æнкъард хъуыды- ты малы бирæ фæленк кæныны фæстæ, куыд бафынæй Дæн, уый зонгæ дæр нал бакодтон. Фæлæ фæлтау куы- нæ бафынæй уыдаин, — фыдфынты хай фæдæн. Фыццаг федтон ахæм фын, цыма та Бæбиимæ фæхыл дæн. Æхсар, мæ хуыздæр хæлар мын, цыма, мæ къухтыл пыххæцыди, Бæби та мæ нæмгæ кодта лæдзæгæй. Æз сфхапдтон мæ къухтæ суæгъд кæныныл, æмæ мын уып кУы бантысти, уæд ратыдтон Бæбийы лæдзæг, пæ сæр ьш фæцæф кодтон æмæ.,. Бæбийы бæсты, цыма, мæ 77
разы гыцци февзæрди, йæ уадултыл уырдыгмæ згъорд-, та йæ сæры туг!.. Стæй та, цыма, мæ разы æрбалæу- уыди Бæбийы мад дыууæ милиционеримæ. „Хæцут ыл, уый у мæ хъæбулы марæг", зæгъгæ. Милиционертæ, цыма, сæ бынатæй дæр нæма фез- мæлыдысты, афтæ мæм йæхи æрбаппæрста Бæбийы мад. Йæ къухы уыди стыр хъама. Мæ риумæ мын æй куы фæцарæзта, уæд ныхъхъæр кодтон мæ хъæлæсыдзаг, амардта мæ, зæгъгæ. Мæ бынаты рабадтæн. Вагоны царыл ахъаззаг цæф фæкодтон мæ сæр. Уыцы бæрзон- дæй рахауынмæ мæ бирæ нал бахъуыди. Мæ сурхид лæсæнтæ кодта, мæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыди, уæд кæсын æмæ мæм хæрдмæ йæ къух ивазы кондуктор, цыма мæ раргъæвынмæ хъавыди. — Дæ билет равдис, лæппу! — дзуры мæм уый. „Гъеныр бахаудтæн, гъе!"—ныккатай кодтон мæхи- нымæр æмæ æфсоны агуырдтытæ райдыдтон мæ афтид дзыппыты. — Цæй, ныууадз æй. Иу бындзыйас лæппуйы ласы- нæй цас бафæлладаид дæ поезд? — хъазыны хуызы йæм бадзырдта фæлурсцæсгом лæппуйы мад. Кондуктор йæ сæр банкъуыста æмæ иуварс ацыди. Зымæгон даргъ æхсæв цадæггай схæцыди йæ тар нымæты фæччитыл. Æрбарухс сты арвы кæрæттæ. Рай- хъуысти , тæфласы фæллад хъæлæсы фæсус уаст. По- езд йæ цыд фæсабырдæр кодта. Разындысты горæты кæройнаг хæдзæрттæ. Мæ разы та февзæрди кондук- тбр. Хинæйдзаг худт мæм бакодта йæ мидбылты, цыма мæ рагон хæлар уыди, уыйау. 78
„Ныртæккæ мæ, æвæццæгæн, милицæйы къухты ныс- садздзæни æмæ ууыл ахицæн уыдзæни мæ балцы хъуыддаг, — бакатай кодтои мæхинымæр æмæ хъуыды- тыл фæдæн, ацы ног тæссаг уавæрæй ма цы хуызы аирвæзон, ууыл. — Уæдæ мæ дысон поездæй уымæн нæ ахизын кодта, иудадзыг мæм йæ цæстæнгас уымæн дардта"... Нæ вагон æрлæууыди вокзалмæ бацæуæн стыр дуа- ры комкоммæ. Уайтагъд æрбазгъордта, поезды сбадын кæй фæндыди, ахæм бæлцæтты къорд. Кондуктор дуар фегом кодта, зæхмæ ’рхызти æмæ радыгай уыдта ног бæлццæтты билеттæ. Æз йæ иувæрсты асæррæтт ла- стон æмæ ма йæм адæмы ’хсæнæй иу каст фæкодтон, стæй фæаууон дæн. Вокзалы раз уыцы уæрæх фæзы, мыдыбындзытау, æмызмæлд кодтой адæм æмæ алыгъуызон рог маш’и- нæтæ. Иу тигъыл слæууыдтæн æмæ джихæй кæсгæйæ баззадтæн: мæ цæрæнбонты никуы ма федтон уый бæрц адæм, уый бæрц бирæ машинæтæ. Цы ма бакод- таин, кæцы ’рдæм ацыдаин, уый нæ зыдтон, æмæ уæнд- гæ дæр нæ кОдтон мæ бынатæй фезмæлын: тарстæн, искæцы машинæ мæ куы акъуыра, йæ быны мæ куы аууæрда, уымæй. Мæ цинæн кæрон нал уыди, чысыл æддæдæр адæмы ’хсæн Хазбийы куы ауыдтон, уæд. Уый лæууыди, йæ разы дыууæ чемоданы кæмæн уыди, æмæ, æвæццæгæн, кæмæдæр чи æнхъæлмæ касти, ахæм сылгоймаджы фарсмæ. Цавæрдæр æнахуыр каст кодта æнæзонгæ усы 79
дзаумæттæм. Æваст мæ æрбайрох сты, знонæй нырмæ цы мæстытæ æмæ фыдæбæттæ бавзæрстон, уыдон. Мæ зæрдæйы февзæрди стыр иыфс. Знонæй нырмæ къæ- бæры хъæстæ кæй нæ фæдæн, суанг ма мæ уый дæр æрбайрох ис. — Хазби! — сонт хъæр ныккодтон мæ хъæлæсыдзаг. Ныцъцъæхахст кодта мæ цуры, йæ мады хъæбысы цы сывæллон уыди, уый. Мад мæм уайдзæфгæнæджы цæ- стæй æрбакясти, фæлæ мæм дзургæ ницы скодта, аф- тæмæй йæ сывæллоны рæвдауыныл фæци. Хазби мæ, æвæццæгæи, нæ фехъуыста. Æнæзмæлгæйæ лæууыди йæ раздæры бынаты æмæ йæ цæстæнгас нæ иста кæй- дæр дзаумайæ. „Æвæццæгæн, дысон нæхи горæты æф- сæнвæндаджы станцæйы уыцы фыдцъылыс сылгойма- джы алыварс чи зылди, мæн дæр кæй æмбал хуыдта, уыдон Хазби æмæ Будзи уыдысты. Чи зоны, æцæг хъа- выдысты уыцы усы дзаумæттæ адавынмæ\ — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæ хъуыдыйæ мæхæдæг фæ- тарстæн. Сывæллонджын усы цурæп чысыл æддæдæр ауад- тæн. Фæйпæрдæм ахъахъхъæдтон æмæ та ногæй ныхъ- хъæр кодтон Хазбимæ. Уыцы рæстæг уый февнæлдта, цы усы цур лæууыди, уый чемодантæй сæ иумæ. Мæ хъæр мын куы фехъуыста, уæд æн фæуагъта, цалдæр къахдзæфы фæстæдæр алæууыди æмæ кæйдæр агурын райдыдта цæстæнгасæй. I Цалдæр гæппæп февзæрдтæп Хазбийы фарсмæ. Иæ цонгыл ып фæхæцыдтæн æмæ йæ мæ фæстæ ласын 80
райдыдтон фæзы кæроны ’рдæм. Уый æвæндонæй цы- ди мæ фæдыл, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ. Чемоданты хицауæй дæс метрæй фылдæр нæма ауа- дыстæм, афтæ йæ разы æрлæууыди машинæ. Рагæпп дзы кодта иу лæппу-лæг. Рогæй баскъæфта чемо- дантæ, машинæйы сæ авæрдта, сбадын кодта сылгой- маджы дæр æмæ афардæг сты. — Кæцæй февзæрдтæ ам? — фæзы кæронмæ куы ра- хæццæ стæм, уæд мæ, дисгæпгæ, афарста Хазби. — Иу- иæгæй æрцыдтæ? — О, иунæгæй,—дзуапп ын радтон æз. — Фæлæ ды цы архайыс ам? Чи уыд, кæй цуры лæууыдтæ, уыцы ус? Хазби ма ноджы иу каст акодта, чысыл раздæр кæм лæууыди, уыцы ’рдæм. Цæйдæр тыххæй йæ сæр мæсты тылд бакодта æмæ бынуæзæй сулæфыди. — Заманайы хъуыддаг мыы фехæлдтай, заманайы хъуыддаг, — бауайдзæф мыы кодта Хазби. — Бынтоп цæттæ хъуыддаг. Æмæ йыл цас фæцархайдтон! Цас фæзылдтæн йæ фæдыл! •—Цавæр хъуыддаг дын фехæлдтон? Кæд? Кæм?— ба- Дис кодтон æз. — Бамбарын ма мын кæн, цавæр хъуыдда- Джы кой кæныс, — ныууырдыг дæн Хазбимæ. Фæлæ Уый дзуапп нæ лæвæрдта. Цавæрдæр знæт каст кодта фæзуатмæ. Æиувыдæй агуырдта кæйдæр, кæнæ цыдæр. Дис кодтон, Хазбпйыл цы ’рцыди, цæмæн афгæ тыхст æмæ знæт у, ууыл. Фæлæ йæ бафæрсынмæ мæ ныфс нал хастон. — Уыцы чемоданты стырдæр æмæ рæсугъддæр бæр- (г 8!
гæ мæи уыди, фæлæ... — æнкъардæй сдзырдта Хазби æмæ цæхгæр фæлыг кодта йæ ныхас. — Æмæ йæ уæд цæмæн ныууагътай уыцы усы раз? Цæуылнæ йæ рахастай? — раздæрæй тынгдæр бадис код- топ йæ ныхасыл. — Фæлæ мæ дæ фæхъæр бабын кодта. Иу æдылы хъæр, æмæ заманайы хъуыддаг дон йæ бынмæ фæлас- та, — цыма мæ фарст нæ фехъуыста, ахæм уагæй дзырд- та Хазби. — О, фæлæ кæд дæу уыди, уæд æй уыцы усæн цæмæн ныууагътай, цæуылнæ йæ рахастай? — кæд, хъуыддаг цæй мидæг уыди, уый бамбæрстон, уæддæр ма йæ хынцфарст кодтон: фæндыди мæ, кæйдæр чемо- да’нæн цы бакæнынмæ хъавыди, уый мын йæхи дзыхæй куы загътаид. Фæлæ уыцы рæстæг пæ уæлхъус фев- зæрди Будзи. йæ бурдзалыг цæсгомыл хъазыдысты цин æмæ разыдзинады нысæиттæ. —Ацы лодыр та кæцæй фæзынди? — худæндзастæй афарста Будзи мæн нæ, фæлæ Хазбийы. — Уый та мын ног фæсномыг — „Лодыр"! — бахъуыр- хъуыр кодтоп ныллæг хъæлæсæй æмæ зулмæ бакастæн Будзимæ. Исты карз ныхас ын куы загътаин, уый мæ бæргæ фæндыди, фæлæ цы, уый æрымысын мын нæма бантысти, афтæмæй та Будзи сдзырдта: — Лæппутæ, йæ тъæнгтæ уæ фæндыр кæмæн цæгъ- дынц, уый йæ къухыл хæрдмæ схæцæд æнæдзургæйæ. 1 Æз пæ бамбæрстон Будзийы дæлгом ныхас. — Мæпæн фырæстонгæй фæндыр нæ цæгъдынц, фæ- 8?
лæ хъарджытæ пывæндынц райсомæй иырмæ, — дзуапп радта Хазби æмæ йæ тæнæг былтæ астæрдта. — Уæдæ згъоргæ мæ фæдыл. Ныртæккæ уæ цармæ скæсын кæндзьшæн, — тагъд-тагъд ралæхурдта Будзи æмæ нæ разæй фæрасти йæ сиргæ цыдæй. —Æнхъæл дæн, Будзи, рувас дыл амбæлди сæумæ- раджы, дæ цуан хорз рауади, — цыдæр къæмдзæстыг- гондæй загъта Хазби æмæ та мæм уайдзæфы цæстæй æрбакасти. — Æвзæр нæ рауади, — йæ дзыпп бахойгæйæ, дзуапп радта Будзи.—Нымайгæ сæ нæма бакодтом, фæлæ цыма чысыл не сты, афтæ мæм кæсы. Æрмæст чыссæ йæ хæдæг дæр у, лæг цæуыл бацин кæна, ахæм. Мæныр- дыгæй хорз у хъуыддаг, фæлæ дæхæдæг исты фæфæп- дараст дæ? Хазби исдуг ницы сдзырдта. Цæуылдæр хъуыды кодта, йæ сæр мæсты æнкъуыст бакæнгæйæ. Стæймæм тызмæг æрбакасти æмæ, хъастгæнæгау, сдзырдта: — Тынг хорз цыди мæ хъуыддаг дæр... — Цыди, æви ацыди? — йæ ныхас ын фæлыг кодта Будзи. — Тынг хорз цыди мæ хъуыддаг дæр, -— цыма Бу- дзийы фарст нæ бамбæрста, ахæм хъæлæсы уагæй дык- каг хатт загъта Хазби, æмæ та мæм зулмæ ’рбакасти,— фæлæ дзы ницы рауади мæнæ ацы хæлнудзыхы аххо- сæй. Замапайы чемодап дзæгъæлы аирвæзти мæ къухæй, йæ хæцæн мæ къухы уыди, фæлæ... — Æз дæм фæхъæр кодтои, куы дæ федтоп, уæд. 83
Фæлæ дын афтæ куыиæ загътон, дæ дзаума пскæцы æнæзонгæ усы раз ныууадз æмæ йæ афардæг кæна йæ хæдзармæ. Кæд дæу уыди, уæд æй цæмæн ныууагътай? — мæсты райдыдтон æз дæр. Уæдмæ бахæццæ стæм иу стыр хæрæндопмæ. Ме ’мбæлттæ фысымты бадт акодтой иу стъолы фарсмæ. Будзи уайтагъд ныххоста стъол. Æз ахæм ран фыццаг хатт уыдтæн. Лæугæйæ баззадтæн. Фæйнæрдæм ракæс- бакæстыл фæдæн. Хæринæгтæхæссæг урсраядарæн æмæ сæрбæттæнджыи чызг нæ цурмæ куыд æрбауади, уый нæ бафиппайдтон. Будзи йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй ранымадта, мæ цæрæпбопты хъусгæ дæр кæй нæ фæ- кодтон, ахæм æнахуыр хæринæгты æмæ нуазииæгты нæмттæ. Уыдон пыи æрхæсс, зæгъгæ. Чызг цырд ауа- ди æмæ нæм уайтагъд æрбадавта дзул, цыхты кæрсты- тæ, уазал дзидза æмæ æртæ авджы сæн, иннæтæ дæр тагъд уыдзысты, зæгъгæ. Будзи æркодта сæн. Агуывзæтæ бакъуырцц кодтой Хазбиимæ æмæ сæ уайтагъд ацъырдтой. — Ды цæуылнæ нуазыс, Инал? — сæрыстырæй мæ афарста Будзи æмæ та ногæй æркодта йæхицæн æмæ Хазбийæн. — Æз никуы банызтон, — аххосджыпы хъæлæсæй йын загътон æмæ агуывзæ фалдæр æрывæрдтон. ( — О, бахатыр кæн. Ферох мæ нс, нуазгæ дæр æмæ дымгæ дæр кæй пæ кæпыс, уый. Фæлæ ма уæд дæ лæгдзинад та цæй мидæг нс, дæ лæгдзипад? 84
— Дымыи æмæ ’пуазынæй цы лæгдзинад барынц, уый мæн иицæмæн хъæуы, — ныиныхмæ дæн Будзимæ. Уып та мæм æнæввæрсон цæстæнгас æрбаздæхта, стæй цæхгæр фæзылди Хазбийы ’рдæм. Бæрæг уыди, цы дыууæ агуывзæйы сæн анызта, уый йыл кæй фæзын- ди уайтагъд. — Уæдæ, куыд зыны, афтæмæй дæ къухы ницы бафтыди, Хазби, и? — стыр хицауы хъæлæсы уагæй та бафарста Будзи. Хазби бынуæзæй сулæфыди, аххос- джыны къул æркодта йæ пыхцыл сæр æмæ æнкъард дзуапп радта. — Мæнæ ацы гугын куынæ фæзындаид, куынæ ыæ бахъыгдардтаид, уæд ахæм чемодан æфтыди мæ къухы, ахæм, æмæ йæ разы дæ абоны бакуыст рыгдæр не скалд- таид... — Цæуыл дзурыс, Хазбп? Цæмæй аххосджын дæн дæ разы, уымæн æргом зæгъæн нæй? — мæстыйæ ба- фарстон æз. — Кæйдæр чемодап давынмæ хъавыдтæ? Давгæ кæпыс, уый ныры оиг нæ зыдтон!.. Уый æнак- каг ми у... — Уæдæ мæпæ ахæм аходæнтæ лæвар дæттынц дæу- мæ гæсгæ? — йæхи фæтызмæг кодта Будзи. — Фезмæ- лын, бакусын хъæуы. Æндæра цæттæ хæринагæй йе стонг гуыбып бафсадын гæды дæр хорз зоны. Будзи та йæ хæлафы дзыппыл йæ къух авæрдта, иыма дзы æддæмæ къуыпп чи дары, уый ма уым ис, æви нæ, уый бæрæг кодта. — Кæйдæр чемодан, — фæзмæгау бакодта Будзи. —
Мæнæ адоп дæр кæйдæр уыдысты, фæлæ сыл ме ’нгуыл- дзтæ куы андæгъдысты, уæдæй фæстæмæ та мæн сты, мæп, лæвархор... /Еваст аджих, андзыггонд дæи. Къæбæр мæ къухæй æрхауди. Афтæ мæм фæкасти, цыма мын кæйдæр тых- джыи къух æгъатырæй балхъывта мæ хурхы сæртæ: ахгæдтой мæ улæфæптæ. Сдзурып мæ бон нал баци, афтæмæй сыстадтæн æмæ, над куыдзау, сæргуыбырæй мæ фæндаг скодтон дуары ’рдæм. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ фæкасти, цыма уыцы стыр хæрæндоиы цы адæм бадти, уыдоп сеппæт дæр базыдтой, ныртæккæ мæ къухы цы чъизи къæбæр уыди, уый, сæ зæрдæ мыл худы, æлгъ мыл кæнынц. Къæсæргæрон мæ раййæфта Будзийы сæрыстыр, рæ- хойæн ныхас: — Гъей, лæвархор! Де стыр гуыбып куы сæххор- маг уа, уæд та нæ-иу æрцагур, хорз та дæ фендзыс- тæм. Æнæзопгæ горæты уыпгты бирæ куы фæхъеллау кодтон, уæд æнæнхъæлæджы бафтыдтæн вокзалы фæз- мæ, райсом Будзи æмæ Хазбиимæ кæм баиу дæн, уыр- дæм. Афтæ бацин кодтон, раст цыма мæ мады федтон. - Сбадтæп та вокзалы æнхъæлмæкæсæн залы тæккæ фæсфæддæр къуымы. Æпахуыр уæззау, æнкъард хъуы- дытæ мыл сæ уæз æруагътой, пъæззыйау, æрлæмæгъ сты ме уæпгтæ (æвæццæгæн мыл æртæфстысты фæл- лад’ æмæ дысоны æнæхуыссæг æхсæв). Æмæ цы фæ- дæп, уый нал базыдтон. Фæлæ мæ фыны дæр архайд- 80
тон Хазби æмæ Будзиимæ, куы та Бæби æмæ йæ мад- пмæ. Мæ мндфынæйæ хъуыстон кæйдæр пыхас. Чидæр ма дзы мæ ном дæр загъта. Архзйдтон мæхи райхъал кæныныл, фæлæ кæрæдзийыл нындæгъдысты цæс- тытæ. — Ахæм фынæй баци, æмæ йын исчи йæ хъустæ куы адава, уæддæр æй нæ базондзæни, — хъæрæй загъта чидæр æмæ мын мæ цонгмæ бавнæлдта. Давыны кой-мæ хæрдмæ фехста, пуртийау. Фехъал дæн. Мæ цæстытæ аууæрстон. Мæ разы лæууыдысты Сослан æмæ Æхсар, сæ мидбылты худгæ. Æз сæм тарст каст кодтон ницымбарæджы цæстæнгасæй. — Кæм дæ, лæппу? Дысонæй нырмæ дæу агурынæй дæлфадихсыд куы баисты адæм! — бауайдзæф мын код- та Сослан. — Æмæ ма лæгау-лæджы куы агуырдтаиккам, уæд- дæр цы нæ вæййы, фæлæ... Хæрæг, дам, йæ... куыд фæлыгъди, афтæ бакодта Ипал дæр. Йæ мад æй куыд агурдзæни, йæхи куыд æфхæрдзæни, ууыл хъуыды Дæр нæ кæиы, — фæкарздæр æй кодта Æхсар. Æхсар æмæ Сосланыл кæй фембæлдтæп, растдæр зæгъгæйæ, кæй мæ ссардтой, уый мын тынг æхсызгон Уыди. „Ныр уыдонимæ фæстæмæ ацæудзыпæн мæ хæ- Дзармæ, фервæздзынæн, раздæр мæ хæлæрттæ кæй хуыдтоп, уыцы Будзи. æмæ Хазбийæ",— хъуыды кодтон мæхинымæр. Фæлæ афтæ сæфсæрмы дæн, æмæ сæм комкоммæ бакæсын нал уæндыдтæн. 87
Лæппутæ сблдтысты мæ фæйнæ фарс. Сæ астæу мæ скодтой, цыма мын искуыдæм фæлидзьшæй тарстысты, уыйау. — Нæхи горæты иу къуым æнæсгæрст нал ныууагъ- там. Суанг мæ дæ хæлæрттæ — Будзи æмæ Хазбийы хæ- дзæртты дæр балæууыдыстæм. Фæлæ уыдон сæхæдæг дæр кæм сты, уый бæрæг иæу, —■ загъта та Сослан. — Хазби æмæ Будзи! — сдзырдтои æз æмæ æваст фæлыг кодтон мæ ныхас. — 0, уыдонмæ дæр дæ агуырдтам, — сдзырдта Æх- сар, стæй мæм дызæрдыггæнæджы каст æрбакодта: — Кæд уыдон дæр ам не сты мыййаг? Уыдонимæ рацыдтæ? Æз мæхи ныхъхъус кодтои, цыма мæ Æхсар цæмæй фарста, уый нæ фехъуыстоп, нæ бамбæрстон. Ногæй та мæ хъустыл ауади Хазбийы уайдзæф: „Замаиайы че- модан дзæгъæлы аирвæзти мæ къухтæй, мæнæ, Иналы æнæрхъуыдыдзинады аххдсæй".1 Стæй та Будзийы фидис: „Де стыр гуыбын куы сæххормаг уа, уæд та нæ-иу æрцагур"... — Æмæ афæнд кодтоп Сослан æмæ Æхсарæн бæстон радзурын хъуыд- даг. Фæлæ мæ фервæзын кодта Сослан. — Цæй, ныууадз лæппуйы. Мауал æй рафæрс-бафæрс кæн, — станцæйы къулыл цы стыр сахат конд уыди, уымæ скæсгæйæ, загъта Сослан.—Сымах уал ам бадут, æз та ауайоп æмæ билетты кой акæноп. Ныр поезд тагъд уыдзæни. 88
Поезд та райдыдта йæ къахдзæфтæ нымайын. Цæл- хытæ та айвæзтой сæ дæргъвæтин зарæг: Дагъддæр, тагъддæр, тагъддæр". Æрмæст дысон нæ зыдтон, кæ- дæм тындзыдтой ацы цæлхытæ, кæдæм мæ ластой, фæ- лæ ныр хорз æмбарын алы „тагъддæры" фæстæ нæ хæ- дзармæ æввахсдæр кæй кæнæм.Æмæ мынуыймæ зæрдæ хъæлдзæгдæр кодта. Бадтыстæм вагоньт чысыл хатæн- тæй иуы æиæдзургæйæ. Алчи дæр нæ кодта, æрмæст йæхæдæг кæй æмбæрста, ахæм хъуыдытæ. — Уæфæндаг раст * уæд, лæппутæ, — нæ уæлхъус æрбалæугæйæ, загъта Хъæссæй. Æз æм кæсгæ не скодтон, фæлæ йæ уайтагъд базыдтон йæ хъæлæсы уагæй. — О, о! Уый нæ сæфт лæг дæр ам куы ис! Кæм æй ссардтат, Сослан? — Вокзалы фыпæй кодта, каркау, йæ иу къахыл лæугæйæ, — йæ бынатæй фестгæйæ, дзуапп радта Сос- лан. —Сбад, дæ хорзæхæй, Хъæссæй. Хъæссæй фæллад уагъд æркодта йæхи мæ фарсмæ. Исдуг æнæдзургæйæ абадыны фæстæ ме ’рдæмфæзылд æмæ комкоммæ бакасти мæ цæстытæм. — Бакæсут-ма йæм, уæ мад, уæ фыды хатырæй! Нырма зæххæй уæлæмæ къуыпп нæ дары, афтæмæй цы фыдæ- бæттæ, цы мæстытæ скодта йæ мæгуыр бинонтæн, стæй ма иннæтæн дæр. Зæды хуызæн сылгоймаг уым йæ дзыккутæ тоны, æрратæ кæны мæтæй, ай та йæ зæр- Дæйы фæндиаг хъеллау кæны! Худинаг, худинаг! 89
Хъæссæйы рагæй зыдтон. Мæ мадау, уый дæр за- воды куыста. Æрмæст дзы Хъæссæй цыдæр хистæр уыди æмæ йæ, æвæццæгæн, уый тыххæй индзылер хуыдтой. Мæ мадмæ бауайаг уыдтæи куыстмæ æмæ-иу Хъæссæйы дæр уым арæх федтон. Кусджытæ-иу æм- бырдтæ кодтой йæ алыварс. Чи-иу æй цæмæй фарста’ чи та дзы цы ’ххуыс куырдта. Уый-иу сæм байхъуыста лæмбынæг. Дзырдта-иу сын ныллæг, рæвдауаг хъæлæ- сæй. Амыдта сын. Хъæссæйы, æвæдза, æз зыдтон уый агъоммæ дæр: мæ фыд куы амард, уæд æй хæдзармæ цы лæгтæ æрбахастой, уыдонимæ уыди уый дæр. Уæд уый бирæ зæрдæвæрæн ныхæстæ фæкодта гыццийæн. Фæстæдæр мын гыцци цал æмæ цал хатты дзырдта, Хъæссæй дæ фыды хуыздæр хæлæрттæй сæ иу уыди, кæддæр, дам, ахуыр дæр иумæ кодтой, заводы кусын дæр уыцы иу рæстæджы райдыдтой, зæгъгæ. Ахæм цæстæй йæм уымæн кастæн, афтæ дзы уымæн æфсæр- мы кодтон. Æмæ ныр мæхинымæр хæцыдтæн мæхимæ, афæдзы дæргъы дывыдон арты куы сыгътæн, уæд Хъæссæйæн цæуылнæ ракодтон мæ хъæстытæ? Науæд дысон, поез- ды, дзæгъæл цæуыны бæсты, мæхи цæуылнæ баппæрс- тон уымæ? Мæ хабæрттæ йын цæуылнæ радзырдтон? Хъæссæй йæ фидар къух æрывæрдта ме уæхскыл. Цымыдисæй касти мæ хуыссæгхъæлдзæг цæстытæм. Бæрæг уыди, цыдæр зæгъын æй кæй фæндыди мæнæн. Фæлæ цæйдæр тыххæй йæхиуыл хæцыди, нæ дзырдта. Æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ, унæргъæгау, сулæфы- 90
ди бынуæзæй. Мæнæн зыи уыди йе стьгр сау цæсты- тæм кæсын. Мæ фыдæн дæр ахæм стыр æмæ рæвдауаг цæстытæ уыди, йæ къамæй сæ зонын. Æваст мæ ба- фæндыди мæ сæр куы ’рыппарин бабайы хæлары хъæ- бысы. Мæ хъæлæсыдзаг куы ныккæуин. Мæ цæссыгтæ зæрдæйы фаг куы фæкалин ацы хæларзæрдæ лæджы уæрджытыл. Ныртæккæ ме уæхскыл цы тыхджын къух æнцой кæны, уымæй мын дауын куы райдаид мæ сæры хъуынтæ, куы мæ рæвдауид. Фæлæ мæм скæуын аив нæ фæкасти æмæ мæхи ныуурæдтон. Поезд та йæ цыд фæсабыр кодта. Бæрæг уыди, ца- вæрдæр станцæмæ та кæй фæхæццæ кæнæм. Æппын- фæстаг, æрлæууыди. Хъæссæй йæ къух айста мæ уæхс- кæй. Цырд фестади. Комкоммæ мæм æрбакасти æмæ сдзырдта: — Сымах уал афтæ бадут. Æз ныртæккæ фездæх- дзынæн, — æмæ ахызти вагонæй. Æз мæ цæстæнгас нал истон вагоны дуарæй: сывæллон йæ мады фæзындмæ куыд æнувыдæй фенхъæлмæ кæсьг, афтæ кастæн æз дæр Хъæссæйы ’рбаздæхтмæ. Æмæ тæфласы уазалдзыд хъæлæс куы ауади мæ хъустыл, поезд та йæ фæндаджы кой кæнын куы рай- дыдта, уæд мæ зæрдæ ныккæрзыдта: „Кæд зæхмæ ахызти æмæ йын схизын нал бантысти. Кæд фæстийæ баззади, кæнæ поедзы бынмæ бахауди!" — Цыма мын чидæр мæ хъусы ’рбадзырдта уыцы æбуалгъ хабар, уыйау фæдæн æмæ та хъуырмæ схæццæ ис æгъатыр кæуындзæг. 91
Сослан æмæ Æхсар цыдæр дзырдтой пыллæг хъæ- лæсæй. Афтæ мæм касти, цыма сæ ныхас мæнæй æм- бæхстой. Фыццаг кодтой’ Бæбийы кой, стæй рахызтыс- ты Будзи æмæ Хазбийы коймæ. Фæлæ уыцы лæппуты кой- цæй фæдыл ракодтой, цы сыл дзырдтой, уый нæ бамбæрстон, стæй йæ бамбарыныл архайгæ дæр нæ код- тон. Иугæр мæ сæ ныхас æмбæхсынц, уæд сæ цурæй чысыл æддæдæр абадтæн æмæ та райдыдтон мæхи хъуыдытæ, мæхи сагъæстæ. Мæ хъуыдытæ та зилдух райдыдтой Хъæссæйы алыварс. Агуырдтой йæ, фæсти- йæ цы станцæ баззади, уым. Æрзылдысты вагæтты дæр фæлæ йæ нæ ардтой. — Цы фестут, мæ гыццыл хæлæрттæ? — æваст нæ уæлхъус æрбалæууыди Хъæссæй æмæ нæм худæндзас- тæй касти. Вагоны къулмæ цы къаннæг стъол фидар- гонд уыди, ууыл æрæвæрдта, йæ дæлармы цы тыхтои æрбахаста, уый. Райхæлдта йæ æмæ нын, хатыр курæ- гау, загъта: — Ахæрут, мæ гыццыл хæлæрттæ. Хуыздæр дзы ни- цæуыл фæхæст дæн, æндæра... — æмæ мæцуры ’рбадти. Урс дзул æмæ къалбасы кæрстытæ фенгæйæ, мæ комыдæттæ æруадысты, фæлæ сæм иннæтæ кæй пæма ’внæлдтой, уый тыххæй æз дæр мæхи урæдтон. — Цæуылнæ хæрут, мæ гыццыл хæлæрттæ?— стъол- мæ ацамонгæйæ нæ афарста Хъæссæй, æмæ, æвæццæ- гæн, цæмæй мах дæр фæуæндон уæм, уый тыххæй райста дзулы къæбæр æмæ къалбасы карст. — Цæй-ма, Инал, радзур нын: цæмæп фæлыгътæ дæ 92
хæдзарæй æмæ кæдæм дардтай дæ фæндаг? — не ’хсæ- пæр куы ахицæн ис, уæд мæ бафарста Хъæссæй. Ацы фарстмæ æнхъæлмæ кастæн, Хъæссæй нæ ва- гонмæ куы ’рбахызти, уæдæй нырмæ. Цы дзуапп ын ратдзынæн, ууыл дæр хъуыды кодтон, фæлæ ницы æрымысыдтæп. Æмæ ныр тынг фæтыхстæн. Æнувыдæй агуырдтон дзуапп йæ фарстæн. Хъæссæй, йæ тыхджын армытъæпæнтæ æфсæры къæдзтæм быцæу авæргæйæ, æпхъæлмæ касти, æз цы зæгъдзынæн, уымæ. Фыццаг хъавыдтæн исты ’фсон æрымысынмæ. Фæлæ мæм раст пæ фæкасти ахæм уæздан, хæларзæрдæ лæгæн мæнг пыхас зæгъын. Æмæ йын ныр мæ хъæстытæ ракодтон сæрæй бынмæ. Уый мæм хъуыста æнæдзургæйæ, æр- мæст-иу йæ сæр мæстыйы æнкъуыст бакодта рæстæгæй- рæстæгмæ. Хатгай-иу Сослан дæр йæ ныхас баппæрста, Инал раст дзуры, зæгъгæ. Тарæй-тардæр кодта Хъæс- сæйы цæсгом. —Тыхсгæ ма кæн, Инал, мæ гыццыл хæлар. Тæккæ райсом бацæудзынæн дæ директормæ. Лæгæй-лæгмæ баныхас кæндзынæн йемæ, цæмæй дæ мачиуал хъыгдара. Æрмæст хъуамæ дзырд радтай мæнæн, дæ фыды хæ- ларæн, нырæй фæстæмæ хорз кæй ахуыр кæндзынæ, стæй æгъдауджынæй дæхи кæй дардзынæ скъолайы дæр, уынджы дæр æмæ хæдзары дæр, — мæ хъæстытæ куы фæдæн, уæд мын загъта Хъæссæй æмæ та йæ къух æрæвæрдта мæ уæхскыл. — Хорз, мæ гыццыл хæлар? Разы дæ? „Æз уыцы скъочаны къæсæрæй пал бакæсдзынæч!" — 93
загътон мæхинымæр, фæлæ мæ цæсгом нæ бахъæцыди Хъæссæймæ комкоммæ бакæсын, мæ хъуыды йын æр- гом зæгъын. — Дæумæ хъусын, мæ гыццыл хæлар. Цæуылнæ ис- ты дзурыс? Æви дæхиуыл дæ зæрдæ нæ дарыс? — ба- фарста та мæ Хъæссæй æмæ йæ цæстæнгас скодта ва- гоны иннæ кæроны ’рдæм, цыма йын дзуапп кæй нæ радтон, уый тыххæй мæм тæргай фæци. — Ахуыр кæнын дæ нал фæнды? — райхъуысти та Хъæссæйы ныхас. Æз фестъæлфыдтæн мæ фыды хæлары уыцы фарс- тæй. „Индзылер лæг куы у, уæд куыннæ ’мбары хуы- мæтæг хъуыддаг? Ахуыр кæнын мæ тынг фæнды, фæлæ мæ зæрдæ фæхауæггаг ис уыцы скъолайæ. Уырдæм бацæуын мæ бон кæй нал у, уый цас зын бамба- рæн у?" — Бæбийы фыд директор кæм у, йæ мад та ахуыр- гæнæг, уыцы скъолайызын уыдзæни Иналæн, — мæ бæсты дзуапп радта Сослан, æмæ, цыма, уæззау уаргъ ахауди мæ уæхсчытæй, афтæ банкъардтон мæхи. Хъæссæй хъуыдыты аныгъуылди. Исдуг бадтыстæм æнæдзургæйæ. Тынг рамæсты дæн мæхимæ, Хъæссæй мæн тыххæй хъуыдыты кæй бахауди, уый фæдыл. Хъуа- мæ йын загътаин „доны мæ куы ’ппарай, уæддæр цæт- тæ дæн", зæгъгæ, фæлæ йæхæдæг фæраздæр ис: — Цæй, хорз, Инал, — бынуæзæй сулæфгæйæ та ныл- лæг хъæлæсæй загъта уый. — Ахъуыды кæндзыстæм. Исты æрымысдзыстæм. Æрмæст ды хорз кæй ахуыр Я4
кæндзынæ, уый бæлвырдæй зыны дæ цæстытыл. Аф- тæ нæу? Æз разыйы тылд бакодтон мæ сæр. — Уæдæ уыцы фарст алыг кодтам, — фæхъæлдзæг- дæрис Хъæссæй. *"* — Ахсæв уал дæ фысым уыдзыиæн æз. Стæй, дам, боп цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, — нæхи горæты стан- цæйы куы рахызтыстæм, уæд загъта Хъæссæй æмæ мын мæ къухыл ахæцьтди, цыма куынæ сразы уон, уымæй тарсти. —Махмæ йæрауадз, Хъæссæй, — бахатыдийæм Сослан. — Сымах та, мæ гыццыл хæлæрттæ, уæ фæндаг акæ- нут Сæниатыл æмæ йын фехъусын кæнут, йæ фырт бынтон æдас ран кæй ис,—дзуапп радта Сосланæн æмæ фæхицæн стæм. Хъæссæй мæ иунæгæй фæуагъта йæ райдзаст, хæрз- æфснайд уаты, йæхæдæг ацыди хæринаггæнæнмæ. Уай- тагъд мæ цæст ахастон, уаты цы иунæг сынтæг æвæрд уыди, уый сæрмæ къулыл ауыгъд стыр къамыл. Уыр- дыгæй мæм худæндзастæй касти мæ фыццаг ахуыргæ- нæг, Хъæссæйы бинойнаг. Цалынмæ цыппæрæм кълас каст фæдæн, уæдмæ нын ахуыргæнæг уый уыди. Бирæ йæ уарзтам. Æмæ æвиппайды куы амарди, уæд нæ æр- кодтой нæ уарзон ахуыргæнæгæн фæстаг хæрзбон зæ- гъынмæ. Не ’ппæты къухты дæр уыди дидинджытæ. Æмхуызонæй куыдтам, стæй радгай цыдыстæм марды чырыны размæ, йæ риуыл ын æвæрдтам дидинджытæ. 95
Хъæссæй лæууыди марды чырыны раз сæргуыбырæй. Кæугæ нæ кодта, фæлæ лæджы уадултыл фыццаг хатт цæссыгтæ згъоргæ уæд федтон. „Цас фæлмæн, рæвдауæн ныхас уыди ацы адæймаг- мæ! Куыд бирæ уарзта йæ ахуыргæнинæгты, стæй йын йæхи дæр куыд бирæ уарзтой! Уæдæ уыцы хæларзæр- дæйы кондæй куыд æнæхай баззадысты нæ директор æмæ математикæйы ахуыргæнæг, Бæбийы мад æмæ фыд? Æвæццæгæн, сæ фырт дæр сæхи хуызæн рауади зæр- дæйы кондæй"... — хъуыды кодтон къаммæ кæсгæйæ. Æваст æрбаймысыдтæн гыццийы, мæ хъустыл ауадысты йæ уайдзæфтæ. — Цæуыл нынкъард дæ, Инал, мæ гыццыл хæлар? Æви дæ хуыссæг æрцахста? Исты ахæрдзыстæм, æмæ хуысгæ. Дысон мæм Сæииат куы ныффæдис кодта дæу тыххæй, уæдæй нырмæ æз дæр мæ цæсты уæлтъæфæлт- тæ кæрæдзийыл нæма авæрдтон, — стыр тæбæгъы цы- дæр хæринæгтæ ’рбахæсгæйæ, дзырдта Хъæссæй. Стæй, цыма, цæуыл хъуыды кодтон, уый бамбæрста, уыйау ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Тæрсгæ ма кæн, мæ хæлар, Сæниаты дысон ахæм тыхстæй федтон, ахæм, æмæ дзы хылтæ, уайдзæфтæ айрохысты. Йæ къухты ма сæрæгасæй кæй бафтыдтæ» ууыл ции кæндзæни—хыл, уайдзæфтæм æй нал æвдæл- дзæни. Ахицæи ис не ’хсæвæр. Нæхи рацæттæ кодтам хуыс- сынмæ. Æваст чидæр æрбахоста дуар. Æз тынг фæ- тыхстæн. Цы ма акодтаин, уый нал ахста мæ сæр. М
— Цæмæй фæтарстæ, лæппу? Мæ цуры дын тас ни- цæмæй у, — ныфс мын авæрдта мæ хæларзæрдæ фысым, йæхæдæг фæцæуæг дуар кæнынмæ. — Де ’хсæв хорз уæд, Хъæссæй. Бахатыр кæн, дыу- уæ ’хсæвы дæ дуарахæсты кæй бакодтон, уый тых- хæй, — æрбайхъуысти мæм гыццийы къæмдзæстыг ны- хас. Кæм ма амбæхстаин, цы ма фæуыдаин, уый нал зыд- тон фырадæргæй. Дзæбæх мæм хъуысын р-вдыдта мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. Афтæ мæм касти, цыма ныртæк- кæ риуы фæйнæг ратондзæни. — Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй, Сæниат? Уæдæ ма кæмæ фæдзурай, ам дын æфсымæр, гъе, тиу куыпæ ис. Рахиз мидæмæ, дæ мад, дæ фыды хатырæй. Рахиз, хорз дæ суазæг кæндзыстæм, — гыццимæ хатыд Хъæссæй. — 0, уый ма демæ чидæр куы ис. Рахизут, сывæллон тæ- ригъæд у уыцы уазалы. Хъæссæй дуар уæрæх байгом кодта. — Дæ мад амæла, мæ хъæбул! — йæ куыствæллад цæнгтæ фæйнæрдæм байтындзгæйæ мæм йæхи æрбап- пæрста. Фæлæ йæ иувæрсты ’рбазгъордта Зариффæ, мæ риуыл йæ сæр бакъул кодта æмæ гыццийы тыхджын цæнгтæ æрбатыхстысты пæ дыууæйыл дæр. Æз æм уæ- лæмæ скæсын нæ уæндыдтæн, гыццийы судзгæ цæс- сыгтæ та куы фенон, уымæй тæрсгæйæ. Хъæссæй лæууыдн къæсæргæрон æмæ нæм æдзы- "æг касти. Уый йæ мидбылты худти, фæлæ мæм афтæ касти, цыма цæйдæр тыххæй хæлæг кодта гыццимæ. 7* 97
ЦЫППÆРÆМ СÆР ХЪÆССÆЙ - МÆ ЗОНДАМОНÆГ, МÆ ИРВÆЗЫНГÆНÆГ Уыди фæлладуадзæн бон. Куыстмæ цæуын нæ хъуыди гыццийы. Æз дæр пикуыдæм тагъд кодтон. Гъе, æмæ хуыссæны ратул-батул кодтон ме ’рагъы ’нуæрттыл. Кастæн, хуры тын чъырæй ногцагъд къулыл куыд хъа- зыд, уымæ. Цы рудзынджы раз хуыссыдтæн, уырдыгæй мæм æр- байхъуысти гыцци æмæ Азауы ныхас. Дзырдтой хæрз- ныллæг хъæлæсæй, фæлæ бæстæ уыди сабыр, æгуып- пæг æмæ мæ хъус бæстон ахста сæ алы дзырд дæр. — Æгайтма дæ лæппу фæзынди, Сæниат. Фæтарстæн ын, зæгъын, кæд æй уыцы аныгуылинæгтæ сæ фæдыл акодтой æмæ уый дæр семæ бахауди милицæйы къухты... Уайтагъд бамбæрстон, дзырд кæуыл цыди, уый. Фыц- цаг сын тæригъæд фæкодтон, стæй та мын, цыма, æх- сызгон уыди, ахæм хъыдзы бакодта мæ зæрдæ. — Цавæр аныгуылинæгты кой мын кæныс, Азау? — Нæ дæ ’мбарын, — загъта мæ мад. 98
— Уæртæ Хазбн æмæ Будзнйæ зæгъын. Æгас уынджы сывæллæтты галиугæнджытæй, — мæстыйæ дзырдта Азау. — Кæмæйдæр, дам, æхца адавтой, мацы сын бантыса, стæй, дам, банызтой, иыррасыг сты æмæ... Азау куыд радзырдта, афтæмæй Хазби æмæ Будзи, заргæ, хъæргæнгæ, хъеллау кодтой уыпгты. Куы-иу искæ- уыл сæхи скъуырдтой, куы æвзæр дзыхæй дзырдтой, æлгъыстой. Стæй давæггаг æхца уарыны фæнд куы скод- той, уæд нæ бафидыдтой, фæхыл сты. Кæрæдзийы былтæ фæнадтой. Афтæмæй милицæмæ куы бахаудтой, уæд, дам, Хазби банымыгъта Будзийы, кæйдæр æхцатæ радавта, зæгъгæ. Будзийы дзыппы уыйбæрц æхца куы ссардтой милицæ, уæд ма йын цынæ басæтгæ уыди. Фæлæ уæд Будзи дæр дзурын райдыдта, Хазби нæхи горæты суанг ггзгрчы онг кæмæй цы радавта, уыдон. — Уæртæ, дам, Хъæссæйы дзыхъхъынног костюм дæр уыдонæй чидæр адавта, ауæй йæ кодтой æмæ йын йæ аргъ бахордтой, — æппынфæстаг та райхъуыстп Азауы ныхас. — Æмæ ныр цы фесты уыцы мæлинаг гуырдтæ? — Цы хъуамæ фæуой? Ахæстоны, дам, бадынц æмæ сыи сæ хъуыддаг, æвæццæгæн, тæрхопдоимæ ратдзыс- ты. Ды кæддæриддæр æнæфыдбылыз у, Сæниат, — стæй æваст йæ хъæлæс фæныллæг кодта: — фæлæ дæ лæппуйыл нæлгоймаг фæхæцæг куьшæ уа, æфсарм æмæ аргъуц куы никæмæй кæиа, уæд... — Мæ боп цы у, уымæй пыл архапып, æпдæр ып Цы кæнон? 99
— Заманайы хорз фадат дыи ис, Сæниат, фæлæ м&м нæ хъусыс. Абон дæр та мæм æрбацыди уыцы лæг. Базон, дам, йæ фæнд, йæ хъуыды. Æмаэ афо I де) у афон, йæ хъуыддагæй бæрæг хабар фехъусынæн. Ныр мæ цал æмæ цал хатты ’рбамипæвар кодта дæумæ. Ноджыдæр ма йæ бафæрс, ноджыдæр ма йæм бахат, хъуыддаг фæбæлвырддæр кæп, зæгъгæ... Мæ мард фен, (Сæниат, уый агургæ æмæ æнæаргæ адæймаг у. Мæ иунæг хъæбулæй дын сомы кæнын, Сæниат, Хъас- болат мæ хæстæг кæй у, уый тыххæй дзы пе ’ппæлын. Фæлæ дæ уавæрты уæвæг сылгоймаг хъуамæ Хъасбола- ты раз æндæрмæ зулмæ дæр ма фæкæсид. Мæ фæндыл сразы у æмæ мын дæ цæрæнбонты арфæтæ кæндзынæ... Цæй-ма, цы фау æм хæссыс? — Æппындæр пицы. Чи мын радта искæй рафау-ба- фаутæ кæныны бар? — райхъуысти гыццийы тыхст пы- хас. — Нæ, нæ, дæ цæстæнгасыл зыны, цыдæр дзы нæ цæуы дæ зæрдæмæ. Цыдæр дæ къуылымпы кæны... Раст зæгъын хъæуы, ацæргæ у, стæй, сау рæсугъдтæ кæй фæхонынц адæм, уыдонæй дæр нæу. Фæлæ адæм се ’ппæт’' æрыгæттæ æмæ уындджынтæ нæ вæййынц. Стæй нæлгоймаджы хъæугæ дæр ницæмæн кæпы, æд- дейæ бакастæй тынг рæсугъд уа, уый... — Дæхи загъдау, Азау, мæн дæр ничи ма рахуыдта саурæсугъд. Уæдæ зпоныккон ~ гыгы дæр нал дæн, æртын фондз азы... — Гъе, æмæ дæ нывонд мæ сæр. Фенæг, æмбаргæ 100
адæймагнмæ æнцон дзурæн у... Адæймаг рæсугьд вæй- пы зонд æмæ хъаруйæ, зæрдæ æмæ дзыгшæй. Уæлдай- дæр та дзыппæп, — хъуысы та Азауы ныхас. — Æмæ уыдонæй та æххæст у мæ хæстæг. Мæ иупæджы цин дæр афтæ фенон, Хъасболат лæгдзинад æмæ бæзджын дзыппæй æххæст куыд у... — Хатыр мын уæд, Азау, фæлæ дæ хæстæджы ка- рæн лæг йæ цæттæ сывæллæтты уынджы къæйыл фæ- уадза, уый пикуы уыди лæгдзиыадыл нымад. Уый æдзæсгомдзинад, æбуалгъ хъуыддаг у| — мæсты кæнын райдыдта гыцци. — Зæгъ-ма мын, Азау, йæхи сывæллæт- ты бирæгъы лæппынты уагъд чи ныккодта сæ рынчын мады ’вджид, уый дын искæй сывæллоны куыд бауарз- дзæни, куыд барæвдаудзæни? — Цæй сывæллæтты кой кæныс, Сæниат? Сæ тæк- кæ кæстæрыл ссæдз азы кæмæн цæуы, уыдон ма цæй сывæллæттæ хоныс? Стæй сын ныууагъта, цæрынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдонæй йæ тæккæдзаг уæладзыг хæдзар. Рацыд афтидæй, фæлæ та уайтагъд балхæдта фыццагæй ноджы хуыздæр, ноджы стырдæр хæдзар. Уый дæр та сфæлыста алцæмæй, æрмæст ма дзы пæй... — Бузныг, Азау, дæ хæстæгыл, стæй мæныл дæр афтæ кæй аудыс, уый тыххæй. Фæлæ йын зæгъ, нæ, дам, мой кæны. Мæнмæ дзæгъæлы ма ’нхъæлмæ кæсæд. Æндæр ран агурæд йæ амонд, — цæхгæр алыг кодта мæ мад. /-- Æз та дын афтæ зæгъын, Сæниат, рæдийыс, 101
тынг рæдипыс. Æмæ цалынмæ нæма байрæджы, уæдмæ бипоныг ахъуыды кæн... Идæдз мадæн тыпг зын у дыууæ сывæллоиы хъомыл кæнып. — Сывæллæттæ хъомыл кæпып æнцон нæу мæн хуызæн идæдз мадæн, уымæй раст зæгъыс, Азау, — райхъуысти та мæ мады æнкъард хъæлæс. — Фæлæ кæ- мæн сбуц кæнон мæхи? Кæмæй бадомон æххуыс? Мæ мад базæрондп, мæ фыд раджы амарди. Æфсымæр мын никуы уыди. Мæ иунæг хо йæхи даринæгтыл дæр тых. хæп æххæссы... — Гъе, æмæ дын хорз фæнд куы амонын, — гыцци- йы ныхас та фæлыг кодта Азау. — Сомы дын кæнын мæ иупæг хъæбулæй... — Дзæгъæлы ма сомытæ кæн, æнæуый дæр дыл æууæндын. Фæлæ мæм мауал дзур уыцы хъуыддаджы фæдыл. Нæй мын рæстæг. Нæ мой кæнын. Уый дын ме ’ргом дзуапп æмæ йæ фехъусын кæн дæ хæстæ- гæн. Фырцинæй ма цы акодтаип, уый нал зыдтон. Хъуамæ . расæррæтт ластаии мæ хуыссæнæй, азгъордтаин гыцци- мæ, пыхъхъæбыс æй кодтаин æмæ йын загътаин: „Бузпыг, мæхи гыцци! Стыр бузныг, ахæм дзуапп кæй радтан, уый тыххæй!" Фæлæ афоныл фæурæдтон мæхи. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, нырма хæрз æрæ- джы дæр мæи тыххæй цы стыр мæстыты бахауди, цы цæссыгтæ фæкалдта, уыдон... Æмæ ма мын уый фæс- тæ гыцципы цæстытæм комкоммæ бакæсыиы бар ис? — бафарстон мæчн. 102
Æмæ та арф аныгъуылдтæн æнкъард, уæззау хъуы- дьпы. Ногæй та мæм афтæ фæкасти, цыма а-дунейыл нал ис мæпæй мæгуырдæр, мæиæй иупæгдæр. Кæуын- дзæг та схæццæ ис мæ хъуырмæ, æрцауындзæг ис мæ былалгъыл. Мæ уæззау хъуыдытæй мæ фервæзын кодта Хъæс- сæй. Уый сабыргай æрбахызти нæ кæртмæ. Цæйдæр тыххæй скасти, сынтæджы мæ зонгуытыл цы рудзын- джы раз лæууыдтæн, уый ’рдæм, стæй мæм сыхъуыс- ти йæ фæлмæн хъæлæс: — Дæ райсом хорз, Сæниат. — Хорз райсомтæ дыл цæуæнт, Хъæссæй, — ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта мæ мад. Цырд акодтон мæ дзаумæттæ. Нызгъордтон Хъæс- сæйы размæ. Баузæлыдтæн ыл* æрмахуыр гæдыйау. Гыц- ци мын йæ цæстæнгасæй ацамыдта, хæдзармæ уал ауай, иунæгæй нæ фæуадз, зæгъгæ. „Адонмæ дæр та ис, мæнæн фехъусын цы не ’мбæ- лы, ахæм ныхас, — æваст та фенкъард дæн, афтæмæй бакатай кодтон мæхинымæр. — Кæд та Хъæссæй дæр Азауы хæстæджы тыххæй æрбацыд хатæг гыццимæ. Фæлæ мæ нæ уырньг. Хъæссæй зондджын, æгъдауджьш лæг у æмæ афтæ нæ бакæндзæни"... Ахæм хъуыдытæгæнгæ æрбацыдтæн хæдзармæ. Сбадтæн та рудзынджы раз. Хъусын гыцци æмæ Хъæс- сæйы иыхасмæ. Тынг мæ фæнды, цæуыл у сæ дзырды сæр, уый бамбарын. Фæлæ уыдон дзырдтой хæрз ныл- лæг хъæлæсæй, иунæг дзырд дæр дзы нæ фехъуыстои. 103
Мæ тæккæ раз хуыссыд мæ гыццыл хо Зариффæ.,' Цæнгтæ фæГнæрдæм антыгъта, хæххон цæргæсы базыр- тау, цыма искæдæм атæхынмæ хъавыд. Йæ хæрзконд цæсгомыл хъазыд диссаджы мидбылхудт. Хатгай-иу базмæлын кодта йæ былтæ. Æвæццæгæи, цавæрдæр æхсызгон фын уыдта. Цыдæртæ дзырдта йæхинымæр, фæлæ йæ дзырд æддæмæ нæ хъуыст. Тынг æм бахæ- лæг кодтон. Бафæндыди мæ æз дæр уыйау фынæй куы уаин, райсомæй нырмæ Азауы дам-думтæм хъусыны бæсты исты хъæлдзæг фынтæ куы уыдтаин! „Фæлæ уæддæр цæй фæдыл у гыцци æмæ Хъæс- сæйы ныхас? Æвæццæгæн, мæ кой кæнынц. Ех, æвæ- дза, цы диссаг уаид, Азау йæ хæстæджы тыххæй цы- тæ фæдзуры, уыдон иу хатт Хъæссæйы тыххæй куы зæгъид! Азау куыд дзуры, æвæццæгæн, æцæг афтæ у. Гыццийæн иунæгæй зын у дыууæ сывæллоны хъомыл кæнын. Мой кæнын, дам, дæ æнæмæнг хъæуы, фæдзу. ры Азау гыццийæн. Уыцы ныхасыл, цыма, гыцци дæр разы кæны, фæлæ йæ нæ фæнды, уый йын кæмæй зæ- гъы, уымæй смой кæнын. Цымæ Хъæссæйæ смой кæ- ныныл дæр не сразы уаид гыцци? Æмæ йæ цæмæй хъуамæ бафауа?.." Бæрæг нæу, ахæм хæццæ-мæццæ хъуыдытæ ма цас фæкодтаин, гыцци мæм куынæ фæдзырдтаид, Хъæссæй- м’æ ракæс, зæгъгæ, уæд. „»Хъæссæй мын, æвæццæгæн, гыццийы раз бауай- дзæф кæнынмæ хъавы. Æвæццæгæн мæ бафæдзæхс- дзæни, цæмæй дарддæр ахæм митæ макуыуал бакæ- 104
пон", — мæхинымæр хъуыды кодтон, Хъæссæймæ фæ- цæйцæугæйæ. Мæ къах мæ цæйдæр тыххæй нал хаста, чысыл раздæр афтæ цингæыгæ кæмæ фæцæйзгъордтон, уыцы Хъæссæймæ. „Æниу цы ракодтон ахæмæй? Фæлæ афтæ: мæ хъуыддаг нæ цæуы. Æнамонд дæн, æнæ фыд, сидзæр лæппу. Алчи дæр мæм йæ иыфс хæссы. Кæй куыд фæнды, афтæ мæ схойы, рæхойы. Æмæ мæн тых- хæй искæй раз дзырд чи бахардз кæна, а-дунейыл мын ахæм адæймаг нæп гыццийæ фæстæмæ. Уый йедтæмæ мып нæй „мæн у" зæгъæг. Хъæссæйы ма нымадтон ахæмыл. Фæлæ... Уый дæр та мæ, иннæтау, уайдзæф- ты бын куы фæкæна, æртхъирæнтæ куы райдайа, уæд... — Цы фæдæ, лæппу, Хъæссæй дæумæ кæсы, — æр- байхъуысти гыцципы ныхас, æмæ цырд, фæлæ æвæндо- нæй ныууадтæп асиныл. — Цы хъуыддаджы сæр лæууæг дæ абон? — мæхи цы уайдзæфтæм хъусынмæ рацæттæ кодтон, уыдоны бæсты фехъуыстон Хъæссæйы фарст. Куыддæр фæ- тыхстæн мæ дзыгуыры. Мæхæдæг дæр нæ зыдтон, уы- цы бон цы хъуыддаджы сæр лæудзынæп, уый. Æмæ, æвæдза, кæд цы хъуыддаджы сæр лæууыдтæн, уынг- ты дзæгъæлы хъеллауæй дарддæр? Хъуыды кæнын, Хъæссæйæн цы дзуапп радтон, ууыл, фæлæ ницы фæнд, ницы хъуыды цæуы мæ сæрмæ. Хъæссæй, æвæц- иæгæн, бамбæрста мæ уавæр æмæ йæ бафæндыди мæн уыцы тыхст уавæрæй фервæзын кæнын. -т Абон адæмæн фæлладуадзæн бон у, Инал, æмæ 105
Мах дæр уыцы адæмæй стæм. Ахæм фæнд мæм ис, мæ гыццыл хæлар: цæй æмæ мах дæр мацы бакусæм. Нæ- хицæн æххæст улæфты бон скæпæм. Нæ фæллад суа- дзæм. Разы дæ? „Фæлладуадзæн бон... мацы бакусæм... Нæхицæн æххæст улæфты бон скæнæм. Нæ фæллад суадзæм",— æз дæр мæхинымæры сфæлхатт кодтон Хъæссæйы дзырдтæ. Æмæ дисы бахаудтæн: „Цæй фæллад мын уадзын кæны Хъæссæй? Цы куыстон æмæ кæм бафæл- ладтæн? Æви мæ хынджылæг кæны? Уадзæд йæ фæл- лад, куыд зоны, куыд æй фæнды, афтæ". Чысыл фæстæдæр бадтыстæм парчы æппæтæй фæс- фæддæр къуымы иу афтид бандоныл. Кастыстæм, бирæ чидæртæ цады, бæлæгътыл куыд бадтысты, куыд ленк кодтой, уымæ. Мæн дæр тынг бафæндыди цадмæ аз- гъорын, бæлæгъы абадын æмæ аленк кæнын. Фæлæ мæм иуæй æхца нæ уыди, иннæмæй та Хъæссæйæ æф- сæрмы кодтон. — ...Афтæ, мæ гыццыл хæлар, — дзырдта Хъæссæй, цадырдæм кæсгæйæ.—Дзырд дзырд у. Цалынмæ дзырд нæ зæгъай, цалынмæ хæс дæхимæ нæ райсай, уæдмæ хъуамæ ахъуыды кæнай, анымайай, абарай дæ .хъарутæ, Кæд дæм дæ зæрдæ сдзура, дæхимæ цы хæс райсинаг дæ, дæ хистæрæн цы дзырд радтынмæ хъавыс, уый сæххæст кæнын дæ бон кæй бауыдзæни, уый тыххæй, æрмæст-иу уæд радтдзырд, æрмæст-иу уæд райс дæхимæхæс. Æмба- рыс, мæ пыхасы сæр цæй фæдыл у, уый? —æппынфæстаг мæ бафарстаХъæссæн.Æз ницы сдзырдтон, æрмæст разыйы 106
тылд бакодтон мæ сæр. Афтæмæй та ^æхинымæр дйс кодтон, ацы зондамонæн дæргъвæтин ныхас цæй фæдыл у, зæгъгæ. — ... Иу изæр дын дзырд радтон, зæгъыи, баныхас кæндзынæн дæ директоримæ, ахуыргæнджытимæ, æмæ бадзырдтон семæ. Ахуыр кæндзынæ, ничнуал дæ хъыг- дардзæни. Дзырд дын радтон æмæ йæ сæххæст код- тон. Æмбарыс мæ? Æз та, раздæрау, разыйы ’нкъуыст бакодтон мæ сæр. Фæлæ риуы къултыл йæхи ныххоста мæ зæрдæ. Фемæхстысты мæ цæссыгтæ. — Цы кæныс, Инал? Ахуыр кæнын дæ нал фæнды, æви цы хабар у? — дисгæнгæ та мæ афарста уый. Æмæ æваст æрбайсæфти, йæ нарст цæсгомыл цы хъæлдзæг мидбылхудт хъазыди, уый. Фæзынди йыл сагъæсы фæд. Æз бамбæрстон, Хъæссæйы цæсгом мæн тыххæй кæй фенкъард, фæсагъæсгъуыз ис, уый. Тынг фефсæрмы дæн мæ фыды хæлары раз, фæлæ уæддæр мæхи фæ- къæйных кодтон: — Ахуыр кæнын мæ тынг фæнды, Хъæссæй. Фæлæ мын мæ хъуыры хуынкъ чи скæна, ауындзгæ мæ чи ’кæна, уымæн дæр нал сразы уыдзынæн уыцы скъола- мæ ацæуыныл. Мæ бон нал у. Ме сæфт дзы федтон, — æппынфæстаг æргом зæгъын бафæрæзтон мæ хъуыды æмæ мын фенцондæр ис. — Æмбарын дæ, мæ чысыл хæлар. Хоз дæ ’мбарып,-— тæригъæдгæнæджы хъæлæсы уагæй мын загъта уый.— Дæ директоримæ ныхас кæныны агъоммæ фæцыдтæн 107
иннæ скъоламæ. Вирæ фæлæгъзтæ кодтон скъолайы разамонджытæн, фæлæ мын дæу райсыныл не сразы сты: тынг бирæ ахуыргæнинæгтæ, дам, нæм ис, кълæс- ты, дам, бадæнтæ нал фаг кæны. Уалдзæгмæ ма бафæ- раз. Æвдæм кълас каст фæуыдзынæ. Уæдмæ сцæттæ уыдзæни ног скъола дæр æмæ дæ уырдæм аивын кæн- дзынæн. Науæд та... Фæлæ „науæд та" цы у, уый нæ загъта. Уый мемæ ахæм фæлмæн, æмæ рæвдауаг хъæлæсы уагæй дзырд- та, афтæ мын лæгъзтæ кодта, цыма йæ фæндоныл сра- зы уыдзынæн æви нæ, ууыл баст уыд йæхи дарддæры цард. Гъе, æмæ цу, ма сразы у йæ фæндоныл, ма йæм байхъус. Дыккаг бон мæ йæхæдæг бакодта скъоламæ. Кæд- дæр мæ гыцци фыццаг къласмæ куы кодта, уæд мын уый куыдхæцыди мæ къухыл, афтæ ныр та—Хъæссæй: йæ иу къухæй фидар хæцыди мæ рахиз къухыл, цыма мын фæкæлынæй, кæнæ фæстæмæ алидзынæй тарсти, иннæ къухы та хаста мæ чингуытæвæрæн портфель. Не ’фсæстæн йæ фæлмæн ныхасмæ хъусынæй. Цæй- дæр тыххæй мæм афтæ фæкасти, цымæ та ногæй фес- тадтæн æнахъом, æдых саби æмæ тæригъæд кæнын райдыдтон мæхицæн. Тынг мæ фæндыди, директоры куынæ фениккам, уый. Фæлæ уый мæ фыдæнæн лæууыди скъолайы кæр- ты. Раст мыл цыма ихджын дон бакалдæуыди, афтæ фæци мæ зæрдæ. Хъæссæй йæ худ систа, салам радта директорæн, стæй зæрдиагæй райдыдтой ныхас кæнын. 108
/Ез сæм дард лæууыдтæн, сæ иыхас мæм нæ хъуысти, фæлæ дзырд мæныя кæй цыди, уый æмбæрстон. — Къласмæ цæуылнæ цæуыс, лæппу, æви сæрмагонд хонæгмæ ’нхъæлмæ кæсыс? — кæд нырма иннæ ахуыргæ- пннæгты фылдæр хай кæрты уыдысты, уæддæр, ме ’рдæм \\æ къух фæдаргæйæ, æрбадзырдта директор, æмæ йæ ныхас дарддæр кодта Хъæссæимæ. Къласы баййæфтон æрмæст Æхсары. Уый мын цы- дæртæ дзырдта, фæлæ мæм дзы ницы хъуысти: мæ хъуыдытæ нырма уыдысты скъолайы кæрты, гудзиццы- тæ кодтой директор æмæ Хъæссæймæ, архайдтой сæ дæргъвæтин ныхасæй иу дзырд уæддæр фехъусыныл. Уыцы бон та ногæй бахæлæг кодтон /Ехсармæ: тынг мæ бафæндыди мæнæн дæр, уыйау, фыд куы уаид. Куыд амондджын уаин! Куыд æм хъусин, йæ алы бацамынд, йæ алы дзырд дæр ын куыд æххæст кæнин! Стæй йæ куыд бирæ уарзин. /Евæццæгæн, æй гыццийæ къаддæр нæ уарзии. Чи зоны, ноджы фылдæр... Æмæ, цымæ цас уарзын гыццийы? Бирæ? Иæ зонын. Йæ тыхстдзинад, уæлдайдæр та йæ цæс- сыгтæм кæсын нæ фæразын. Стæй гыцци æрæгмæ куы фæцæуы йæ куыстæй, уæд æнкъард фæкæнын. Æнувыдæй йæм фенхъæлмæ кæсын. Фæлæ мæн тыххæй уый цы бирæ мæстытæ бавзæрста, цы уайдзæфтæ фæис- та, цы цæссыгтæ фæкалдта, уыдоны фæсæ ма мын ис, Шццийы уарзын, зæгъгæ, афтæ зæгъыны бар?" Афтæ хъуыды кодтон канд уыцы бон нæ, фæлæ ма уый фæс- тæ дæр бирæ хæттыты. 109
Цадæггай мæ рох кæнын байдыдтой мæ бирæ фы- дæбæттæ æмæ мæстытæ. Æргом мæ нал æфхæрдтой ма- тематикæйы ахуыргæнæг æмæ йæ директор-лæг. Искуы иу хатт мæ-иу уроктæй дæр афарстой, стæй мын æв- зæр бæрæггæнæн дæр никуыуал нывæрдтой, „зивæджы дзæкъул", „къæлыуайæ фыркъа" æмæ иннæ ахæм фи- дисы нæмттæй дæр мæ нал хуыдтой. Мидæгæй сæ зæр- дæйы цы уыди, уый нæ зонын, фæлæ мæм сæ фырт Бæби дæр йæхи афтæ æвдисын райдыдта, цыма мын би- рæ хорздзинæдтæ уарзта йæ цæст. Мæхи раз нæ, фæ- лæ фæсаууон дæр нал кодта ме ’взæры кой. Бонæй- бонмæ хуыздæр кодта мæ ахуыры хъуыддаг. Фæныфс- джын, фæуæндондæр дæн. Раздæрау, катайгæнгæ нал цыдтæн скъоламæ. Раздæрау, нал бæллыдтæн дзæнгæ- рæджы зæлланг тагъддæр фехъусынмæ. Стæй урокты фæуды фæстæ асинтыл уырдыгмæ ная згъордтон, ме ’мбæлтты къуырдтытæ æмæ риуыгътытæгæнгæ. Кулдуа- рыл ахизыны бæсты быруйы сæрты нал гæппытæ код- тон. Уый агъоммæ уынгты хъеллауыл, стæй гыццийы уайдзæфтæм хъусыныл цы рæстæг сæфтон, уый базза- ди уроктæ цæттæ кæнынæн, гыццийæн хæдзары куыс- тытæн аххуыс кæнынæн. Фæстæмæ раздæхæн кæцæй нал ис, уырдæм аивгъуыдтой, мæхи мæгуыр, æнæамонд æмæ зыбыты иунæг куы хуыдтон, уыцы æнкъард бонтæ. Схъæлдзæг, схæрзхуыз ис гыцци дæр. Рæстæг афтæ тагъд згъорын байдыдта/бонтæ, къуы- 110
ритæ кæрæдзийы фæдыл афтæ тахтысты, æмæ уалдзæг куыд æрцыди, экзаментæ мæ уæлхъус куыд æрбалæу- уыдысты, уый фиппайгæ дæр нæ бакодтон. Иннæ аз- тау мыл ацы аз нæ ныддаргъи экзаменты рæстæг дæр. Æцæг, нырма нæ зыдтон, стæм къласмæ мæ аргъæвтой æви нæ. Фæлæ экзаменты уæз æмæ сагъæс мæ уæхс- чытæй кæй ахауди, уый уал мын æгъгъæд уыди, Æн- цонæй сулæфыдтæн мæ риуыдзаг. ... Мæ мад æгæр æрæгмæ цыди ныййарджыты æм- бырдæй. Бафæлладтæн йе ’рцыдмæ ’нхъæлмæ кæсынæй. Катай кодтон, цы хабар æрхæсдзæни, ууыл. Æппып- фæстаг, къæсæрæй æрбахызти. Æнкъардгъуыз мæм фæ- касти йæ цæсгом. Мæ зæрдæ фехсайдта. Нымдзаст дæн мæ мады цæсгоммæ, цыма цы хабар æрхаста скъолайæ, уый йæ цæсгомы хуызæй базонынмæ хъавыдтæн, уыйау. — Фæрсæджы каст мæм цы кæныс, лæппу? Цы ба- куыстаЛ, уый нæ зоныс? — уайдзæфы хъæлæсы уагæй Мстэ бафарста гыцци. Æз мæ сæр банкъуыстон „нæ", зæгъын. — Æппæт дæр дæхи аххос у, — загъта гыцци æмæ бынуæзæй ныуулæфыди. — Дæ зивæджы аххос. „Æвæццæгæн, мæ пыууагътой мæ бынаты! — бакатай кодтон мæхинымæр. — Цæмæн? Кæй аххосæй? Ныр ма мæ цæсгом куыд равдисдзынæн Хъæссæймæ? Цы йын зæгъдзыиæн?" — артау ссыгъд мæ цæсгом. — Æнæдæндаг куыдз стæг куыд бахсыны, ды дæр ахæм тындтытæ бæргæ ныккодтай æвдæм кълас, — æвæц- Ш
цæгæн, мæ уавæр бамбаргæйæ, батагъд кодта гыцци мæн æрсабыр кæныныл. — Цыдæр амæлттæй, кæйдæрты ’фсæрмæй дæ ауагътой стæм къласмæ. Фæлæ... „Ауагътой мæ стæм къласмæ, ауагътой мæ! Ныр сæ мæ бар уадз. Æз афтæ ма ахуыр кæнон, афтæ, æмæ..." — ныццин кодтон мæхинымæр. — ... Иннæ сывæллæттæй иутæй æппæлгæ кодтой, иннæтæй — хъаст. Ныййарджытæй чи йæхицæй ныббуц ис, цы хорз хъæбул хъомыл кæнып, зæгъгæ, чи та дзы сабыр хъуыста уайдзæфтæм. Фæлæ дзы мæн æмæ дæ( кой иуæрдæм дæр ничи скодта ззмæ иннæрдæм дæр, раст цыма дæ цæрæнбонты скъолайы кæртмæ дæр нн- куы бахызтæ, цыма гуыргæ дæр нæ ракодтай... Афтæ, сæргуыбырæй, иннæ ныййарджытæм хæлæггæнгæйæ, фæ- бадтæн изæрсарæй æмæ рацыдтæн. Уый фæлтау дæ, раздæрау, хъаст куы кодтаиккой, мæн дæр та куы баф- хæрдтаиккой, уæд мын æнцондæр уыдаид... Æмæ æды- лы, сæрхъæн куы уаис, уæд дæр ма цы иæ вæййы... Фæ- лæ...Æниу цæуыл дзурын? Уæддæр дæм дæ мады ныхас куынæ бахъардзæни, дæхиуыл куынæ ’рхуддзынæ. Дæ мæгуыр фыды иомы раз куынæ фефсæрмы уыдзынæ... Гыцци йæ фæллад уæнгтæ ’руагъта бандоныл. Асæрф- та йæ цæсты бынтæ, стæй мæм æрбаппæрста, мæ ах- уыры бæрæггæнæнтæ цы гæххæтты фыст уыдысты, уый. — Æркæс æм, бацин кæн де ’нтыстдзинæдтыл. Ба- бызы лæппынтау, кæрæдзийы фæдыл куыд ныррæхыс стьр уыцы æнæхайыры „æртæи-тæ! Сæ бакастæй дæр зæрдæ æнкъард кæны... 112
Гыццийы цæссыгтæ та, туæстау, ныхсын райдыдтой мæ зæрдæйы. Се ’ндон аркъаутæй та балвæстой мæ хур- хы сæртæ, сулæфын мæ нал уагътой. Уыцы тыхст рæстæг чидæр æрбахоста нæ дуар. Мæ мад æм ауади. Зариффæ мæм комкоммæ ныккасти æнкъардæй, фæлæ мын тæригъæд кодта, æви уайдзæф, уыи рахатын мæ бон нæ баци. — Уый Хъæссæй куы дæ, Хъæссæй! Æгас нæм цу,— æрбайхъуысти гыццийы ныхас. — Мидæмæ рахиз,. фысым дын уыдзыстæм. Мæ зæрдæ та къултыл ныххоста йæхи: „Ныртæккæ мын зæгъдзæн: „Дзырд дзырд у, мæ гыццыл хæлар. Хорз ахуыр кæнынæй мын зæрдæ бавæрдтай, дзырд радтай, фæлæ йæ ’ххæст не скодтай. Лæгау-лæг ахæм- тæ йæ сæрмæ нæ хæссы. Кæд дæ хъаруйыл дæ зæрдæ нæ дардтай, уæд дзырд цæмæн лæвæрдтай? — хъуыды кодтон мæхинымæр. — Чи зоны мын æппындæр иицы зæгъа, фæлæ мæм уайдзæфы цæстæй æрбакæсдзæни, пæ зæрдæ мыл бахуддзæни, æмæ уый та цыфæнды загъ- дæй зындæр бауромæн у мæнæн." — Фарн уæм бацæуæд, Сæниат, цыдæр æнæвдæлон- гонд дæн, — æрбайхъуысти Хъæссæйы ныхас. Ахæм ныл- лæг хъæлæсæй дзырдта, цыма, исчи йæ тарффынæйæ куы райхъал уа, уымæй тарсти. — Нырма хæдзары дæр пæ уыдтæн. Куысты афæстиат дæн. Фæлæ, зæгъын, мæ гыццыл хæларæн арфæтæ ракæпои. Уын тыххæй фез- дæхтæн. Кæм ис, кæ? — Дæ гыццыл хæлар кæй хоныс, уый хæдзары ис. 8* 113
Фæлæ дын кæм фесгуыхти? Цæй тыххæй йын арфæтæ кæ- ныс? Рахиз мидæмæ. Дæ бынаты дæн, зæгъгæ, уæд уыцы хæларæн арфæты бæсты йæ хъустæ айвæзтытæ кæнин... Æз мæ бынаты бампылдтæн, карчы къахау. Фырæф- сæрмæй ма цы акодтаип, кæм ма амбæхстаин, уый нал ахста мæ сæр. Хъæссæйы цæсгом уыди хъæлдзæг, худæндзаст. Йæ къухы къафетты тыхтон æмæ чииыг. Тыхтон авæрдта Зариффæмæ. Цыма ас адæймаг уыди, ахæм салам ын радта. Цыдæр зæрдиаг ныхас дæр ма йын загъта. Уыцы рæстæг хъуамæ дуары æдде фæцадаин, цæмæн Хъæс- сæйы уайдзæф ма фехъусон. Фæлæ мын, цыма, мæ фæнд бамбæрста, уый зылд фæкодта ме ’рдæм. Йæ къух мæм æрбадаргъ кодта чиныгимæ. — Бахатыр кæн, мæ гыццыл хæлар. Цæугæ сæйра- джыдæр дæу тыххæй æрбакодтон, фæлæ Зариффæ сылгоймаг у, æмæ фыццаг уымæн æмбæлди салам рад- тын. Арфæ дын кæнын, зымæджы мын цы дзырд рад- тай, уый кæй сæххæст кодтай, æвдæм кълас каст кæй фæдæ, уый тыххæй... Лæгау-лæгæн афтæ ’мбæлы. Ныр æз дæр сæххæст кæндзынæн, зæрдæ дын цы хъуыд- дагæй бавæрдтон, уый... Хъусгæ Хъæссæймæ кодтон, кæсгæ та, цы чиныг мын балæвар кодта, уый хъæбæр цъармæ. Фыст ыл уыди „Николай Островский. Как закалялась сталь". Цъарыл мыхуыр уыдис фыссæджы къам дæр. Æвæццæгæн, мæ цæраёнбопты ацы хаттæй амондджындæрæй никуы бан- къардтон мæхи. 114
Гыцци цымыдисæй касти куы мæнмæ, куы та Хъæс- сæймæ. — Дæ лæвæрттæ бирæ уæнт, Хъæссæй, бузныг. — Мах бæсты йын раарфæ кодта нæ мад. — Сбад, дæ хор- зæхæй, æмæ афтæмæй арфæтæ кæн дæ зивæггæпаг „гыццыл хæларæн", —- йæ къухæй ацамыдта бандонмæ. Хъæссæй тынг æнæвдæлон хуыдта йæхи, фæлæ нæм фæбадти фæсбайдиантæм. Æмæ, æппынфæстаг, цæуын- вæнд куы скодта, уæд, хатыркурæгау, бадзырдта гыц- цимæ: * — Сæниат, мæнмæ заманайы хорз фæнд ис, кæд ыл ды æмæ мæ гыццыл хæлар сразы уат, уæд. Афтæ мæм кæсы, цыма пайда уыдзæн дæуæн дæр æмæ лæппуйæн дæр. — Зæгъ æй, Хъæссæй. Хорз фæндыл цæуылнæ хъуа- мæ сразы уæм, — дзуапп радта мæ мад æмæ дызæрдыг- гæнæджы каст бакодта уазæгмæ. Хъæссæй цæйдæр тыххæй ахъахъхъæдта уаты къуым- ты, цыма, йæ ныхас ахæссынæй кæмæй тæрсы, ахæм адæймаг дзы агуырдта. Дызæрдыг нæ кодтон, дзырд мæныл кæй цæудзæн, ууыл. Тынг зæрдийæ мæ бафæздыди, искуыдæм мæхи куы айсин, мæн тыххæл цы дзурдзысты, уый куынæ фехъусин, фæлæ уый мæ къухы не ’фтыди. — Инал каст фæци æвдæм кълос. Уый хорз у. Уымæй хуыздæр та у, йæ уагахаст, йе ’гъдау кæй фæхуыз- дæр ис, уый. Фæлæ цыппæрдæсаздзыд, домбæйттæ арæзт лæппу сæрддæргъы ам дзæгъæлы бада, уынгты- хъеллау кæна æнæхъуыддагæй, уый мæ зæрдæмæ нæ 115
цæуы, пайда нæу хæдзарæн дæр æмæ йæхицæн дæр, — йæ хъуыды загъта Хъæссæй æмæ фыццаг мæнмæ бакасти, стæй та —гыццимæ. — Ацы хъуыддаг мæнæй дæр рох нæ уыди, Хъæс- сæй. Бирæ йыл фæхъуыды кодтон. Гъе, æмæ алыг код- тон: хъуамæ йæ пионерты лагермæ арвитон иу мæй, — дзуапп радта мæ мад. — Путевкæ радтынæй мын зæрдæ бавæрдтой заводы. — Уый дæр хорз у, Сæниат. Фæлæ лагеры фæуы- дзæн иунæг мæй. Æмæ уый фæстæ та кæм уыдзæни? Цы архайдзæни? Цæуыл хардз кæндзæни йæ тых, йæ рæстæг? Йæ куырдиатыл кæмæн не сразы вæййынц, ахæм сывæл- лонау, гыцци йæ къæхты бынмæ ныккасти, цæсгомыл фæзыиди æнкъард хуыз. Исдуг лæууыдис цавæрдæр хъуыдыты ленк кæнгæйæ. — Инал сæрды бонты ам бада, уый мæм хорз нæ кæсы, стæй уый пайда нæ уыдзæни лæппуйæн йæхи- цæн дæр æмæ хæдзарæн дæр, — загъта та Хъæссæй. Гыцци исдуг æнæдзургæйæ алæууыди. Уый фæстæ фыццаг мæнмæ æрбакасти, стæй та Хъæссæймæ, æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Дыккаг путевкæ мын ничиуал ратдзæни, стæй куы дæттой, уæддæр йæ балхæнын мæ бон нæ бауыдзæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыди, уый агъоммæ мын Хъæс- сæй йæхи цардæй цы цау радзырдта, уый. Уый дæр, мæнау, хæрзæрыгонæй баззади сидзæрæй: йæ фыд мæл- гæ акодта, йæ мад та моймæ фæцыди. Лæппу хъомыл Пб
кодта йæ фыды ’фсымæрмæ. Уый дæр куыста, ныртæк- кæ Хъæссæй цы заводы кусы, уым. Æрмæст уый ин- дзылер иæ уыди, Хъæссæиау, фæлæ йæ нымадтой раз- загондæр кусæгыл, дæсны слесарыл. Цал æмæ, дам, цал æрыгон кусæджы схъомыл кодта. Хъæссæй йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый йæ фыды ’фсымæримæ завод- мæ цæуын байдыдта хæрзæрыгонæй. Куыста заводы æмæ ахуыр дæр кодта, скъола каст куы фæци, уæд æй заводæй ахуырмæ арвыстой институтмæ æмæ... — Æз лагермæ нæ ацæудзынæн, гыцци. Зариффæйы арвит,—æппынфæстагмæхи фæхъæбæр кодтон. Хурау ныххудти мæ гыццыл хойы цæсгом. Чызг уыцы иу сæр- рæтт фæкодта йæ бынатæй, ме ’фцæджы ныттыхсти æмæ пъатæ райдьтдта мæ уадултæн. Гыцци мæ сæрæй къæхтæм абарста цавæрдæр æнкъард цæстæнгасæй. — Уый та цавæр „нæ ацæудзынæн" у, лæппу? Стæй ацæудзынæ, æви нæ, уымæй дæу чи фæрсы? Уæдæ сæрддæргъы ам цы архайдзынæ? Æви горæты уынгты рагæй нал азылдтæн дæу агурæг? — тызмæгæй мæм фæ- уырдыг ис гыцци. Йæ фæлмаст цæсгом æваст ахæм тар аци, æмæ фæтарстæи, зæгъын, ныртæккæ та фемæхс- дзысты йæ цæссыгтæ æмæ та, хуыртау, тулын райдай- дзысты уадултыл. Фæлæ иугæр мæ хъуыды æргом загъ- тон, уæд дзы фæстæмæ фæлæууæн нал уыди. Стæй Хъæссæй дæр мæ фарс кæй рахæцдзæни, ууыл мæ зæрдæ дардтон. Æмæ фергомдæр кодтон мæ ныхас: — Уынгты агурын мæ нал бахъæудзæни: кусгæ кæм- дзынæн сæрды мæйты. Бауырнæд дæ, гыцци... 117
— Цымæ кæм кусдзынæ, стæй цы кусдзынæ, мæ хæ- дзардарæг? Цы куыстхъом мын дæ? — мæ ныхас мын фæлыг кодта гыцци. Исдуг мæм æдзынæг фæкасти, стæй йæ къæсхуыртæ цæсгом амбæрзта куыстуарзаг армытъæпæнтæй. — Мæнæ мыл цы бон ис иу къулба- дæг сывæллонимæ! — Æвæдза, тынг раст зæгъы мæ гыццыл хæлар, Сæниат, — æвæццæгæн, мæ тыхст уавæрмæ бакæсгæйæ, мæнæн баххуыс кæныныл батагъд кодта Хъæссæй. — Æз дæр раст афтæ зæгъынмæ хъавыдтæн. Фæлæ, куыд зыны, афтæмæй дæ зæрдæмæ нæ цæуы. — 0, фæлæ цы кусдзæни, цы, æнахъом саби? Уын- гты хъеллауæй дарддæр’ма цы’ куыстмæ арæхсы? Цы зоны? — йæ хъæлæсы уаг фæфæлмæндæр кодта мæ мад. — Исты æнцон куыст ын ссардзынæи заводы, — фæ- пыфсджындæр ис, афтæмæй та загъта Хъæссæй. —Дæс- ныдæр, фæлтæрддæр кусджытæй йæ искæмæн бафæ- дзæхсдзыиæн, цæмæй йæ фæцахуыр кæна куыстыл, ба- цамона йын дæсныйад. Æз дæр æм мæ хъус дардзы- нæн. Стæй йæ дæхæдæг уындзынæ, цы куса. Дæ зæр- дæ йæм не ’хсайдзæн. Цыбыр ныхасæй, æвзæр фæнд нæу, Сæниат, æмæ йыл сразы у. Фæсмон нæ фæкæн- дзынæ, ард дын хæрын. Исдуг æнæдзургæйæ абадтысты гыцци æмæ Хъæс- сæй. Куыд бамбæрстон, афтæмæй мыл сæ алчи дæр хъуыды кодта йæхирдыгонау, Цымыдисæй кастæн куы сæ иумæ, куы та — се ’ннæмæ. Нæ зыдтон, мæ хъуыддаг куыд алыг кæндзысты. 118
Ногæй та мæ’ зæрдыл æрбалæууыди Æхсары мад Дзауы ныхас: „Мæ лæппу дæр сыгъдæг зæдтæй нæу, Сæниат» фæлæ уый æфсæрм, аргъуц кæны йæ фыдæй. Куыдфæн- ды дзурæм, уæддæр бинонты ’хсæп лæджы ныхасæн, уый цæстæнгасæн æндæр тых, æндæр аргъ ис". Гъе, æмæ мæ тынг бафæндыди, Хъæссæй мæ фыд куы уаид, нæ хæдзарæй куынæуал ацæуид. Иудадзыг немæ куы цæрид иырæй фæстæмæ æмæ-иу гыцциимæ афтæ иумæ куы уынаффæ кæниккой нæ царды фарстытыл, мæ хæ- дзары хъуыддæгтыл. Уæд куыд æпцон уаид гыццийæн, куыд хорз уаид мæнæн æмæ Зариффæйæн, стæй Хъæс- сæйæн йæхицæн дæр. Уый ныртæккæ иунæгæй цæры, хæринаг Рæхæдæг кæны, фатер йæхæдæг æфснайы. Стæй, æвæццæгæн, иунæгæй тынг æнкъард кæны... Куыдфæстагмæ мæсты кæнын байдыдтон Азаумæ: „Уый йæ удæй арт цæгъды йæ хæстæджы тыххæй. Ныууырдыги гыццимæ, смой дзы кæн, баком ын, дæ сывæллæтты дын, хи хъæбултау, уарздзæни, рæвдау- дзæни сæ, зæгъгæ. Фæлæ йып, æвæдза, гыцци дæр хорз дзуапп радта: „Йæхи сывæллæтты уынджы къæ- йыл чи ныууагъта, бирæгъы зæпæгау, уый искæй сывæл- лæтты куыд барæвдаудзæни, куыд бауарздзæпн, зæгъгæ. Бузныг, гыцци, раст ын загътай, тынг раст: йæхи сывæллæттæй дард чи фæлыгъди, уый ма мæп æмæ Зариффæйы дæр йæ хъуыры æгънæгæн кæм бахуыйдзæ- ни. Цымæ Хъæссæйы тыххæй та цы зæгъид? Цæмæй йæ бафауид? Науæд Хъæссæйы тыххæй цæуылнæ хаты 119
Азау? Æви афтæ æнхъæлы, Хъæссæй нæ бафæраздз^- ни искæй сывæллæтты барæвдауып. Æмæ нæ пыртæА- кæ дæр хн сывæллæтты рæвдыд куы кæпы... Пæ к)ж цæуылпæ скæны Азау, кæд пып йæ цæст æцæг уарзы хорздзинад, уæд? Фæлæ Азауæн йæ хæстæджы раз чи у Хъæссæй, кæд тынг хорз лæг у, уæддæр? Æцæгæ- лон... Хъæссæй сæхимæ куы ацыди, уæд, цыма, нæ хæдзар бынтон афтидæй аззади, цыма та ногæй басидзæр стæм» афтæ мæм фæкасти. Мæ зæрдæ нынкъард, пытталынг ис. Скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Мæ сагъæстæ, мæ хъуыдытæ бамбарын кодтон гыццийæн. Уый мæм касти æдзынæг, æнæдзургæйæ. Раив-баив кодта йæ цæс- гомы хуыз: куы-иу мæрдвæлурс аци, куы та-иу сырх- сырхид адардта. Цыдæр зæгъыи æй фæндыди, фæлæ сдзурын нæ фæрæзта. — Нырма æдылы куы дæ, мæ лæппу, хæрз æдылы, — æппынфæстаг сдзырдта гыцци. Мæ сæры хъуыптæ мын рæвдаугæ асæрфта, йæ цæссыгтæ кæрæдзи фæдыл æрызгъордтой, стæй аххосджыны худт бакодта йæ мид- былты. Гыццийы цæссыгтæ ацы хатт, судзинтау, нал фæных- стысты мæ зæрдæйы. Нал мæ фæтæрсын кодтой. Уыдон уыдысты цахæмдæр фæлмæн, уæздан. „Цæмæн мæ хоныс æдылы", зæгъгæ, бафæрсынмæ куы рацæттæ кодтон мæхи, уæд мæ гыцци æрбахъæ- быс кодта, комкоммæ ныккасти мæ цæстытæм æмæ мæ ризгæ хъæлæсæй бафарста: 120
— Уыцы æдылы фæнд дæхæдæг æрымысыдтæ, мæ ^ъæбул, æви дын æй исчи ныссагъта дæ сæры? — Мæхæдæг æй афымысыдтæн, гыццн, мæхæдæг! — мæхнцæй æппæлæгау, загътои æз. — Фæлæ йæ æды- лы фæнд цæмæн хоныс? Хорз лæг нæу Хъæссæй, дæу- иæ гæсгæ? — Хорз лæг у, мæ хъæбул, фæлæ йæ хицæутты у. Махæн дзы цы ис? — Æмæ иунæг куы у. Йæ хæдзары йæхи йедтæмæ куы ничи цæры,^уæд ын цæй хицау ис? —мæхи дзырд кодтон æз. — О, фæлæ ма дæуæй дарддæр, искуы исчи йæ мадæн мойаг агуырдта? Ныр лæг дæ, æнæхъæн цыппæр- дæс азы дыл цæуы, æмæ хъуамæ хъуыды кæнын зонай, — фæлмæн хъæлæсæй мын бауайдзæф кодта мæ мад. Фæлæ мæм уыцы уайдзæф рæвдыд ныхасы хуызæн фæ- касти. Æниу фефсæрмы дæн. Мæ къæхты бынмæ нык- кастæн. — Æргом ма мын зæгъ, Инал, Хъæссæй дæ йæхæ- дæг нæ сардыдта? — мæ цæстытæм мын комкоммæ нык- касти, афтæмæй та мæ бафарста гыцци. Æз исдуг дзуапп раттын нал бафæрæзтон: тынг зын мын уыди, гыцци Хъæссæйы æнæхъуаджы кæй бафхæрд- та, мæныл кæй не ’ууæнды, бынтон æдылы мæ кæй æн- хъæлы, уый. —- Цытæ дзурыс, гыцци? Мæ мард фен, мæ ингæны иыккæс, кæд мын Хъæссæй исты загъта! Уый бынтон- дæр ыæ зоны ацы хабар, — фидарæй загътон æз. 121
— Чи дæ сардыдта, уæдæ? Ахæм æдылы фæнд дæ- хæдæг, æрымысыдтæ, уый мæ нæ уырны, — ныууырдыг мæм ис. Мæнæн ничи ницы загъта æмæ йæ кæй æфсон фæкодтаин? Дыккаг райсом фестадтæн раджы, мæхи ахсадтон, мæ дарæс акодтон. Гыцци та мæ ногæй фæрсын райдыд- та, Хъæссæйы тыххæй дын чи загъта, дæ мадмæ дæ чи ’рбаминæвар кодта, зæгъгæ. Раст уыцы рæстæг нæ кæртæй æрбайхъуысти: — Гъе, цы фæдæ, кусæг къласы байзæттаг? Завод- мæ цæуынафон у. Хъæссæйы хъæлæс фехъусгæйæ, гыццийы цæсгом æваст куыд фæсырхи, уый хæрзæн- цонæй бафиппайдтон. Чысыл фæстæдæр заводмæ фæндагыл фыццаг хатт иумæ цыдыстæм Хъæссæй, гыцци æмæ æз. Хъæссæйы уыцы райсомæй хъæлдзæгдæрæй никуыма федтон. Дзырд- та нын бирæ худæн ныхæстæ. Гыцци хъуыста лæмбы- нæг, фæлæ дзургæ ницы кодта. Хъæссæйы ’рдæм кæсгæ дæр нæ кодта. Йæ цæсгомыл бæлвырдæй зынди къæм- дзæстыг хуыз. Æрмæст-иу искуы иу дзырд баппæрста æмæ та-иу йæ цæстæнгас сарæзта дард кæдæмдæр. Гыццийæн махимæ цæуын æхсызгон уыди, æви нæ, уый нæ рахатыдтон. Цæйдæр тыххæй мæм мæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма æз дæр кусынмæ кæй цыдтæн, ууыл разы нæ уыди. Фæлæ уыцы райсом мæ зæрдæ цы æгæ- рон циндзиуады æнкъарæнтæй байдзаги, цы диссаджы хъуыдытæ, бæллицтæ мæ сбырстой, гыцци æмæ Хъæс- сæйы ’хсæнты цæугæйæ, гыццийы æфсæрмыгъуыз цæс- 122
гоммæ кæсгæйæ, уый зын радзурæн у. Цæйдæр тых- хæй мæм афтæ касти, цыма, Хъæссæй æцæг мæ фыд у. Цыма изæры не ’ртæ дæр згводæй комкоммæ ацæудзы- стæм’нæхимæ æмæ нырæй фæстæмæ никуыуал фæхи- цæн уыдзыстæм нæ кæрæдзийæ.
ФÆНДЗÆМ СÆР ÆНÆХОНГÆ УАЗДЖЫТÆ Райдайæны мын тынг зын уыди заводы кусын. Бын- тондæр ницæмæ арæхстæн. Уытæппæт машинæты хъæ- рæй къуырма кодтой мæ хъустæ, зылди мæ сæр æмæ мæм афтæ касти, цыма цехы къултæ зилгæ кæнынц мæ алфæмбылай. Цы ран лæуд-иу фæдæн, уырдыгæй-иу фезмæлын нал уæндыдтæн: куы ахауон, науæд мæ ис- кæцы машинæ йæхимæ куы баскъæфа, йæ домбай уæнг- тæй мæ куы бацъист кæна, уымæй тарстæн. Кусджы- тæй мыл иутæ худгæ кодтой, тæппуд, æнæсæрæн мæ хуыдтой, иннæтæ мæм кастысты тæригъæдгæнæджы цæстæнгасæй. Хъæссæй æмæ иу цалдæр кусæджы та мын ныфсытæ æвæрдтой, амонгæ мын кодтой. Иу хатт ма мæм фæлидзыны фæнд дæр æрцыди, фæлæ та гыц- ци йæхицæн куы маст кæна, стæй мæм Хъæссæй куы фæхæрам уæ, тæппуд, магуса мæ куы рахона, уымæй фæтарстæн æмæ аивтон мæ фæнд. ’Фыццаг хатт мызд куы райстон, мæхи æвæлтæрд цæнгтæй бакусгæ ’хца мæ дзыппы куы нывæрдтон, уæд 124
тынг ныббуц дæн мæхицæй! Мæхи дæр нал ныхсадтон, Хъæссæймæ дæр нал фæлæууыдтæн, афтæмæй, милæй- дзæгтæй уыцы иу сæррæтт ракодтон заводы кулдуарæй æмæ, ме ’хца цы дзыппы уыдысты, ууыл мæ къух авæр- авæр кæнгæйæ, ахæм згъорд кодтон нæхирдæм, цыма мæ исчы куы расура æмæ мын сæ куы байса, уымæй тарстæн. Дугъ кæнын нæхимæ æмæ мæ цæстытыл уайы, мæ мызд æнæ иу капекцухæй гыццимæ куы раттон, уæд ын куыд æхсызгон уыдзæии, куыд бацин кæндзæни, æхцай- йыл нæ, фæлæ йын æххуысхъом кæй фæдæн, ууыл. „Нырæй фæстæмæ дæр афтæ кæндзынæн: мæ мызд- иу æнæхъæнæй ратдзынæн мæ мадмæ. Хæдзары хис- тæр уый у, цы балхæнын хъæуы, æхца куыд æмæ цæ- уыл хардз кæнын æмбæлы, уыдон дæр уый хуыздæр зоны", — хъуыдытæ кодтон мæхинымæр. Хæрзхаст уæ- рыккау, мæ зæрдæ агуырдта гæппытæ кæнын, кафын. Райсом гыццийы рынчынгондæй кæй ныууагътон æмæ куыстмæ дæр уый тыххæй кæй нæ ацыди, суанг ма мæ уый дæр айрохи. Фырцинæй тындзыдтон хæдзармæ, гыц- цийы зæрдæ бахъæлдзæг кæнынмæ. Фæлæ мæм хæдза- ры цы стыр маст æнæхъæлмæ каст, уый мæ фæсонрхæ- джы дæр нæ уыди. Нæ хæдзары размæ куы бахæццæ дæн, уæд та но- гæй асгæрстон мæ дзыпп. Æхца уым сты, уый мæ куы бауырныдта, уæд цырд сыгъзордтон асииыл, дыгай-æр- тыгай къæпхæнты сæрты гæппытæгæнгæ. Тыргъы дуа- рæй бахъæр кодтон: 125
— Гыцци! Базон-ма, цас æхца райстон? Гыццийы бæсты къæсæрыл мæ разы февзæрди мæ мады мад. Уый уыди тынг æнкъард. Афтæ мæм фæкас- ти, цыма йæ цæсгомы æнцъылдтæ ноджы фæфылдæр, фæарфдæр сты, цыма, бампылд, баруади. Нанайы бирæ уарзтон. Дыууæ, æртæ боны нæм иу хатт уæддæр не ’рбауади, зæгъгæ, уæд-иу æй афтæ æрымысыдтæн æмæ та-иу згъорынмæ фæдæн горæты иу кæронæй иннæмæ. Стæй мæ йæхæдæг дæр куыд бирæ уарзта, куыд мæ рæвдыдта! Стыр уыдтæн, уæддæр мæ йæ уæрджытыл бадын кодта, хæринаджы хуыздæр мæ дзыхы тъыста. Иу Хотт ма йын гыци афтæ дæр загъта: — Цымæ ацы къулбадæг лæппуйæ цы ’нхъæл дæ, мæ мад? Дæ бирæ лæггæдты бæрц дын цы фæуыдзæн хор- зæй? — Кæд дæхицæн сывæллæттæ ис, мæ хъæбул, уæд- дæр нырма æрыгон дæ, цард æххæстæй нæма æмбарыс, — уайдзæфы цæстæнгасæй йæм бакасти нана æмæ йæ ха- лас сæр банкъуыста. — Хи сывæллон хур у, уып бам- бæрстай, мæ чызг, фæлæ зæнæджы зæнæг та хурты хур у, йæ зæрин тынтæ тавынц зæрондæн канд йæ уæнг- гæ нæ, фæлæ ма йæ зæрдæ дæр. Гъе, æмæ ныр нанайы нæхимæ кæй æрбаййæфтон,. уый мын ноджы фæфылдæр кодта мæ циндзинад. Фæ- лæ мæ цины хъæрмæ гыццийы бæсты уый кæй рауади, стæй йæ цæсгом таргонд кæй уыди, уый та мæ тæрсын фæкодта. — Кусæг, нæ хæдзардарæг æрцыд! — йæхи тыххъæл- 126
дзæгкæнгæйæ, загъта нана æмæ йæ цæнгтæ фæйнæр- дæм айвæзта: ахъæбыс кæнынмæ мæ хъавыди, фæлæ æваст йæхи фæурæдта. Фæстæмæ алæууыди цалдæр къахдзæфы. —-Ралас дæ кусæн дарæс, мæ хъæбул, æмæ дæхи ныхс. Ныртæккæ дæ хорз фендзынæн. — Гыцци хуысгæ кæны, нана? — афарстон зæронд усы. — Цæмæн хъуамæ хуысса? Ауай, хъæбул, дæхи адзæ- бæхтæ кæн. — Цао райстон, уый уал базон, нана, стæй æппæт дæр бакæндзынæн, — мæхи ныхас кодтон æз, мæ дзып- мæ амонгæйæ. — Иугæр дæ дзыпп афтæ къуыпп дары, уæд дзы, æвæццæгæн, дзæвгар æхца нывæрдтай, мæ хъæбул, — йæ цæсгом фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй загъта нана æмæ мын мæ чъизи уадулæн апъа кодта. — Кæс-ма, уæдæ! — хъæрæй загътон æз æмæ нана- йы раз рудзынджы дæлвæйнæгыл æркалдтон армыдзаг æхца иугай сомтæ, стæй ма ноджы цалдæр абазийы æв- зист æхцатæ. — Уыныс, нана, цас мын радтой мæ дыу- уæ къуырийы куыстмæ. Иу ахæм та райсдзынæн мæйы кæрон. — Диссæгтæ, мæ хъæбул, диссæгтæ! Царциаты дис- сæгтæ! Уый æцæг хæдзардарæг куы басгуыхтæ... Уай- гæ. Дæ мадмæ сæ радт æмæбацин кæна, ахæм æххуыс- гæнæг ын кæй фæзынди, уый тыххæй, — загъта та нана æмæ мын рæвдаугæ æркъуырдта мæ уæхск. 127
Рудзынджы дæлвæйнæгæй куы рацæйистон мæ фыц- цаг мызды æхцатæ, уæд дзы иу абази фæбырыди мæ къухæй, пъолыл йæ къæрцц фæцыд æмæ къулгæрон цы нарæг тæрхæг уыди, уый бын смидæги, зæлланггæнгæ. Скуысси дæн тæрхæджы бын. Агурынтæ райдыдтон мæ цæнгты фæллойæ райсгæ абази. — Мæнæ ис, нана! Ссардтон æй, — абази мæ къухы куы бафтыди, уæд, цингæнгæ, рахъæр кодтон тæрхæ- джы бынæй. Лæф-лæфгæнгæ, рабырыдтæн фæстæмæ, æрцæгътытæ кодтон мæ чъизи дарæс. Стæй уаты дуар бакæнынмæ мæ къух куы фæдаргъ кодтон, уæд мæ ра- зы фæцæхгæри нана: — Афтæмæй ма бахиз, мæ хъæбул. Уазджытæ ис хæдзары, — цыдæр тыхст хъæлæсæй мын загъта нана.— Цы хуызæнæй сæм цæуыс, мæ къона? Фæтæрсдзысты дæ. Дæ дарæс уал раив, дæхи сæхс... Раст уыцы рæстæг мæ хъусты фæмидæги Азауы бар- джын ныхас: — Цæй-ма, Сæниат, исты бæрæг дзуапп нын уыдзæ- ни, æви ма ноджы хатын домыс? — Мæ бон ницы дзуапп раттын у ныртæккæ. Чысыл мæ бауадзут. Акæсоп, ахъуыды кæнон. Фæдис иæу. Кæдæм тагъд кæнут? Сывæллæтты хицау дæн æмæ уы- доны хъысмæт афтæ ацъыккæй нæу, — райхъуыстп мæм гыццнйы пыхас. Афтæ мæм фæкасти, цыма мæ мадæн йæ кæуын йæ былалгъмæ- схæццæ ис, цыма та ставд цæссыгтæ кæрæдзийы фæдыл уайыпц йæ фæлмæп уа- дултыл. 128
Мæ мады ныхасæн цыдæр дзуапгт радта цавæрдæр нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс. Стæй та ныхас йæки- мæ айста Азау (йæ хъæлæс ын мин хъæлæсты æхсæп дæр базондзынæн). — Æрвылбон дæр дæумæ цæуæм хатæг, лæгъзтæ, табугæнæг, уый рæстæг нын нæй, стæй сæрмæхæссинаг дæр нæу. — Гъе, æмæ уал фæлæуут. Хонджытæ, хтгтжытæ уæм куы арвитон, уæд та фæзындзыстут, — мæсты хъæлæ- сæй загъта гыцци. Æппынфæстаг бамбæрстон, дзырд цæуыл цæуы, æнæ- хонгæ уазджытæ цы хъуыддаджы тыххæй сæмбæл- дысты, уый. Мæстæй мæ зæрдæ адæнгæл. Хæдзармæ бабырсын, æнæхонгæ уазджыты фæтæрын мæ бæргæ бафæндыди, фæлæ гыццийы дæр куы фæхъыг кæнон, уымæй фæтарстæн æмæ мæхи ныуурæдтон. — Мæнг нæ фæдзурынц, мæгуыр уæрццæн зад хуы- мы хизын нæ фидауы, зæгъгæ, — пæ уайдзæфы хай та баппæрста Азау. — Уыцы зад хуымы хицауæн йæхи уæрццытæ уæзæ- джы къæйыл цæмæн хъиу-хъиу кæнынц, Азау, уымæй ма йæ бафæрс, — райхъуысти та мæм гыццийы буоæ ныхас. Æваст фемдзаст дæн нанайы фæлурс цæсгоммæ. Фырмæстæй рызтысты, йæ лыстæг цæнгтыл цы хæлыны хуызæн армытъæпæнтæ уыди, уыдон æмæ йæ къæсхуыр æфсæртæ. Зæронд ус рафт-бафт кодта йæ мидбыпаты. Цы бакæна, уый нал зыдта. Æз уæдмæ дæр тыхамæлт- 9* 129
тæй урæдтон мæхи. Æмæ ныр мæ уарзон наиайы ахæм уавæры куы федтон, уæд мæ сынæгæй фесхуыстон дуар æмæ уаты фæмидæг дæн. ..— Мемæ цæргæйæ мæгуырдзинад, тыхстдзинадæн сæ нæмттæ дæр ферох кæндзынæ, — афтæ дзургæ бай- пæфтон, Азауимæ нæ хæдзары цы æнæзонгæ лæг бадти, уый. — Баууæпд мыл, æз дын... —æваст фæлыг кодта йæ ныхас æмæ мæнмæ фемдзасти. Сæрæй къæх- тæм мæ арабар-бабар кодта цавæрдæр æнахуыр, æнæрвæ- сон цæстæнгасæй. —- Уый хуызæн стыр амонд дæм кæса, æмæ йæ дæ- хицæй æддæмæ сурай, ахæм диссаг уынгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр никуы фæкодтон, — загъта Азау. Лæг уæддæр йе нæрвæсон цæстæнгас нæ иста мæ- нæй. Афтæ мæм фæкасти, цыма мæ ныртæккæ афæрс- дзæни: „Ды та чи дæ æмæ афтæ чъизитæй цæмæн æр- бацыдтæ мæ размæ?" — стæй фæрсæджы каст бакодта мæ мадмæ. — УыйИнал у, мæ хистæр сывæллон, — уазæджы цымыдис цæстæпгас бафиппайгæйæ, загъта уый. — Куыс- тæй ныртæккæ æрбацыд... Æвæццæгæн, мæ дарæсы уаг æмæ мæ тызмæг цæс- тæнгас нæ фæцыдысты æнæхонгæ уазæджы зæрдæмæ- Уайдзæфгæнæджы æнкъуыст бакодта, хъалбыны æрзай- гæ харбызау, нарст æмæ дæвдæг сæр: — Кæд нæ рæцичын, уæт, куы:ты æз дæр вæ’иын. Фæлæ фæекуыст иæхимæ куы ’рцæуын, уæд æнпæтæ’! 130
раздæр рашзын мæ кусæн дарæс, кæд мын афтæ чънзи нæ вæйпынц, уæддæр. Мæхимæ дзæбæх базилын, мæхи æрнывыл кæнын, стæй уый фæстæ бацæуын уазджыты размæ.,. Мæ игæртæ мын ацагъта уыцы æфхæрæн зондамынд. Хъуамæ алывыдтæ бакалдтаип мæ~ бафхæрæгыл, фæлæ гыццийы тарстгъуыз цæсгоммæ куы фемдзаст дæн, уæд тыхамæлттæй нынныхъуырдтон мæ масТы судзаг къуы- бар æмæ дуар мæсты гуыпп акодтон мæ фæстæ. Тыр- гъы, йæ цæссыгтæ калгæ, раййæфтоь напайы. — Уазæгуаты афтæ чи у, уый фысым куы суа ацы хæдзары, уæд.. — ныллæг хъæлæсæй дзырдта напа. Уый æваст фæлыг кодта йæ ныхас, фæлæ цы зæгъиыаг уы- ди, уый бамбæрстон. Ноджы тынгдæр анæрст, адæнгæл ис мæ маст. — Тагъд-тагъд ахсадтон мæхи. Акодтон мæ сыгъ- дæг дарæс, Ногæй та балæууыдтæн æнæхонгæ уаз- джыты раз. Цыма йæ стыр фыдбылызæй бахъпхъхъæ- пынмæ хъавыдтæн, уыйау æрлæууыдтæн гыцципы фарс- мæ. Йæ разы йын æрæвæрдтон мæ фыццаг мызд. Уый мæм фæлмæн бахудти йæ мидбылты, фæлæ пицы сдзырдта. —■ Гъеныр дæ æцæг лæджы бындзæфхады хуызæн. Æгас цу, лæппу, — сдзырдта уазæг тыхкæигæ хæлар хъæлæсы уагæй æмæ мæм æпæрвæсопы даргъ æрба- кодта бæмбæджы хуызæи фæлмæн, парст къух. Фæлæ йын дзуапп нæ радтоп. Йæ къух, ауыгъдау, аззади уæлдæфы. Зын бамбарæн нæ уыди, уазæг нозтæй йæ- 131
хиуыл кæй нæ бацауæрста. Хæрзхаст богъы цæстытау, рагæппæввонг уыдысты йæ дыууæ хъоппæг цæсты. Сырх-сырхид ставд бæрзæй, пуртийау, дымст уадултыл лæсæитæ кодта хид. Стыр нывæфтыд къухмæрзæнæй йæ кæд арæх сæрфта, уæддæр ын ницы фæрæзта æмæ фындзы хуынчъытæ рæмыгъта йæ туаг тæфæй. Уазæг фынгæй систа карчы сгуы. Цæйдæр тыххæй йæм бæстон æркæстытæ кодта, стæй ма йæм афтыдта дзулы къæбæр. — Айс, лæппу, æмæ уайгæ кæн кæртмæ, гъе та уынгмæ. Ам ахсджиаг хъуыддагыл ныхас кæнынц хис- тæртæ æмæ сæ хъыгдарын не ’мбæлы, — загъта мын уазæг, карчы сгуы мын ме ’ртты фæсадзгæйæ. — Ахсджиаг хъуыддаг чи фехала, æз дæр ахæм æцæ- гæлон нæ дæн ацы хæдзарæн, — уазæг мæм цы хæри- нæгтæ авæрдта, уыдон фынгмæ баппæрстон, афтæмæй загътон æз, стæй йæм мæсты цæстæнгасæй бакастæн æмæ цалдæр къахдзæфы алæууыдтæн фæстæмæ. Уазæгмæм исдуг æдзынæгфæкасти, йæ хъоппæг цæс- тытæ нæ ныкъулгæйæ, стæй базмæлын кодта йæ уыр- дыгмæхауд дæллагхъуыртæ: — Иронау дын куы загътон, лæппу, ацу æмæ искуы сывæллæттимæ хъаз, зæгъгæ, уæд мæ нæ бамбæрстай? Ма нæхъыгдар ныхас кæнын, — бахъуыр-хъуыр та кодта æнæхонгæ уазæг æмæ бавнæлдта, фынгмæ цы карчы сгуы баппæрстон, уымæ. Фых цæхæрайы хуызæп аци мæ мады цæсгом. Фыр- мæстæй ма цы акодтаид, уый нал зыдта. Фæлæ уазæг- 132
мæ см&сты ис, æЬи мæнмæ, уый баелвырд рахатын йй бафæрæзтон. — Уазæг! Æз дæр дын иронау дзурын: ацы хæдзар иырма мæн æмæ мæ мады у. Стæй мæм афтæ кæсы, цыма дзы ды хицау никуы суыдзынæ, Гъе, æмæ мæн мæхи хæдзарæй уынгмæ тæрай, уый бар дын ничи рад- та. Сывæллон дæр мæ мауал хоп: фæсксмцæдисмæ мæ куы айстой, уæдæй нырмæ дыууæ мæйы аивгъуыдта. — Мæ къонайыл, цытæ хъусын, мæнæ! Нырма зæх- хæй къуыпп нæма сдардта æмæ цытæ бакалдта комы- йаргъ лæгыл! — йе ’рттæ цæгъдгæйæ, ныддис кодта Азау, æмæ цæхгæр фæзылди гыццийы ’рдæм. — Нырæй фæстæмæ дын тынгдæр тæригъæд кæндзынæн, Сæниат, ахæм удхортимæ кæй архайыс, уый тыххæй. Дæ бæсты сын æз куы уаин, уæд сæ... Гыццийы цаесгом ноджы тынгдæр ныссырхи. Рафт- бафт кæнын райдыдта фырадæргæй. Лæгъзтæгæнæджы каст кодта куы мæнмæ, куы та æнæхонгæ уазджытæм. Æппынфæстаг мын йæ цæстæнгасæй ацамыдта, иннæ уат- мæ ауай, зæгъгæ. „Æ, æ! Уæдæ дæхи дæр афтæ фæнды. Ды дæр уый фарс дæ? Дæуыл йæ зæрдæ дары æмæ мæн уымæн тæ- ры мæхи хæдзарæй?! — ахъуыды кодтонмæхинымæр. Мæ зæрдæ адымсти, адæнгæли судзгæ мастæй. Уыцы уысм мын дæлæмæхауд бохъхъуырджын лæгæй æнæуынон- дæр фестади мæ мад. — Гыцци! — мæ мады раз фыццаг хатт хъæрæй загъ- тон æз. — Ныртæккæ кæнæ ацы лæг хъуамæ ацæуа ар- 133
дыгæй, кæнæ та-—æз. Нæ дыууæйæн бынат пæй иу раи’/ Фæлæ дын ард хæрып, ацы уæдзарæй куы ацæуон, уæд æм фæстæмæ пикуыуал æрбаздæхдзыпæн! Ноджы ма цыдæр дæрзæг пыхæстæ зæгъынмæ хъа- выдтæн, фæлæ уыцы рæстæг ме ’уæхскыл æрынцади кæйдæр фæлмæп къух. — Уапцон пæу, уанцон, мæ хъæбул. Искуы дæр ма фысым цыфæпды æвзæр уазæджы дæр йæ хæдзарæй сырдта? — бауайдзæф мын кодта напа, стæй, йæ урс да- далиджып сæр кæмæдæр уайдзæфы тылд кæнгæйæ, мæ фарсмæ ’рбалæууыди. Тынг фефсæрмы дæн нанайæ. Цæхгæр фæзылдтæн æмæ сæргуыбырæй бацыдтæн ипнæ уатмæ. Дæлгоммæ бахаудтæн мæ сынтæгыл. Уыцы хаттæй тынгдæр мæ ни- куы фæндыди хъæрæй кæуын, мæ тыппыртæ суадзын, фæлæ æнæхонгæ уазджыты æмæ гыццппы фыдæнæн мæ- хи ныхъхъæбæр кодтон. Æрмæст хивæнд цæссыгтæ бауромын мæ бон нæ баци. Мæрдон сабыр, æгуыппæг ныцци, уазджытæ æмæ гыцци цы уаты уыдысты, уый. Иунæг сыбыртт дзы нал хъуысти, цыма дзы змæлæг нал уыди. Бæстон мæм хъуысти, мæ зæрдæ дзæбугæй хойæгау куыд кодта, уый. Мæ цæстыты раз та февзæрди гыццийы кæуын- гъуыз цæсгом. Цавæрдæр æнæуыпгæ тых мæ фелвæс- та мæ сыптæгæй, мæ къæхтыл мæ алæууын кодта, дуар- гæрон’ мæ авæрдта. „Ныртæккæ феддæдуар кæндзыпæн уыцы дымд ла- лымы хуызæп лæджы!"—алыг кодтоп мæхннымæр. Ба- 134
уадтæн къæсæргæронмæ. Фæлæбурдтон дуары хæцæн- мæ\ Фæлæ мын мæ къух ацахста уыцы,æвирхъау хъуы- ды: \,Æмæ кæд гыцципæп йæхи дæр фæнды уыцы дымд лалымæй смой кæнын? Кæд иунæгæй сфæлмæцыди æз æмæ Зариффæйы хъомыл кæнынæй? Кæд ын хуыздæр амал нал ис, уæд та?" Мæ къух ауыгъдæй аззади дуары хæцæныл. — Цæй-ма, Сæниат, уæдæ дæм цы фæнд ис? — мæр- дон сабырдзинад фехæлдта Азуы хъæлæс. — Æви уы- цы къулбадæг сывæллоны фæндыл ацæуынмæ хъавыс? Ахъуыды-ма кæн ноджыдæр. Сбар дæ абопы уавæр æмæ, дæм цы амопдджын сомбон æнхъæлмæ кæсы, уый. Фарст алыг кæн, дæхи куыд фæнды, афтæ. Уый дæ бар у. Æрмæст нын дзуапп радт ацы изæр, ныртæккæ. Æр- гом дын зæгъын: Æхсар мын цæра, æз цы лæджы зо- нын, уый ма азæрæй фæстæмæ дæхæдæг куы хонай, минæвæрттæ йæм куы ’рвитап, уæддæр йæ къах нал æр- бавæрдзæни ацы хæдзармæ. — Бахатыр кæн, Азау, мæ хъæбулы хорз сыхаг уыд- тæ нырмæ, хæларæй цардыстут æмæ дæ мæхи чызджы йас уарзын. Фæлæ мæгуыр сидзæр сывæллонæн фидис. тæ кæнай, мад æмæ хъæбулы æхсæн хахуыр æвзаг хæс- сай, уый дын нæ ныббардзынæн. Стæй æртхъирæнтæ дæр иыууадз. Науæд, кæд нæ рæдийын, уæд мæ чызг хопджытæ нæ арвыста дæумæ дæр æмæ дæ хастæгмæ дæр, — æппынфæстаг феуæгъди наиайы масты дзæкъу- лы ко’м. 135
Цыдæр ныфсы таг февзйерди уæ зæрдæйы. Фейц^й- дæр мын ис улæфын. Тьтнг мæ бафæндыди, гыцци /цы зæгъдзæни, уый тагъддæр (} ехъусин. Æиæ ныр та алыг кодтон: I — Гыцци мыййаг разыйы ныхас куы зæгъа, уæд’ба- цæудзынæн, нанаиы цонгыл рахæцдзынæн æмæ ацреу- дзыстæмацы хæдзарæй, цæмæй йæмфæстæмæ макуыу^ал æрбаздæхон. — Кæрæдзийæн уайдзæфтæ кæнынмæ не ’рбацыдыс- тæм ардæм, мæ мады хай, — райхъуысти лæг уазæджы ныхас. — Хъуыддаг бархийæ у. Сæниаты кæд фæнды ифтонг цард ссарын, уæд æй мæ хæдзарæй раздæр ни- куы ссардзæн... Йæ къух ын уазал доны стулын никуы бауадздзынæн. Хъаны цард кæндзысты йæ сывæллæт- тæ дæр... „Куыннæ стæй? Ныртæккæ мæ тæргæ чи кæны мæ- хи хæдзарæй, уый нæ куыннæ цæрын кæндзæни хъаны цардæй, нæ хæдзары бартæ йæ къухы куы.." — мæ хъуыды кæронмæ нæма ахæццæ ис, афтæ мæм гæзæмæ æрбайхъуысти гыццийы ныхас: — Нæ фæцайдагъ дæн æввонг, ифтоиг цардыл æмæ йæ агургæ дæр нæ кæнын. Цалынмæ мæнæ ацы дыууæ цонджы змæлынхъом ой, мæ къæхтыл цæуынхъом уон æмæ мæ цæст æрттива, уæдмæ къæбæр æмæ дарæс- цух пæ уыдзысты мæ сывæллæттæ. Стæй лæппу ныр стыр у, кусынхъом фæци æмæ... — Исдуг та ныхъхъусысты. Сыбыртт та нал хъуыс- тиуатæй. Æз лæууыдтæн дуары раз. Фиппайдтон, хис- 136
тæрты „ахсджиаг ныхас" йæ кæронмæ кæй фсввахс кæ- иы, уый. Фæлæ, кæд мæ зæрдæйы пыдæр ныфс бацы- ди, уæддæр нырма бæрæг нæ уыдис, уыцы „ахсджиаг пыхас" цæуыл ахицæн уыдзæни, фарст гыцци куыд алыг кæндзæпи, уый. . — Раст зæгъыс, Сæниат. Дæ фырт ныр сывæллоп нал у. Хæдзардарæг ссп. Ныртæккæ дын голладжыдзаг æхца куы ныккалдта дæ разы, — цыргъ арцау мæ зæр- дæйы сныхсти Азауы рæхойæн ныхас. Цыдæр та бахъуыр-хъуыр кодта напа, фæлæ цы загъ- та, уый нæ бамбæрстон. Ногæй та афæнд кодтон уат- ь:æ балæбурыи, Азау æмæ йæ хæстæджы фæсурып. Фæлæ та мæ фæурæдта мæ мады мæстыгæр дзуаип: — Мæ сывæллогæн Рæ фыд дæр голлæпы никуы хаста æхца. Фæлæ нæ адæмы тугвæллойæ тона кæны- ны, давыны, сайыны сæр дæр никуы бахъуыдп, кæйдæр- тау. Цардыстæм нæхи цæпгты фæллойæ. Æкæ нырæй фæстæмæ дæр афтæ. Æииу, æвæдза, тыхдзырд, бустæ æмæ уайдзæфты сæр цæмæн хъæуы. Уæхæдæг куы зæгъут, бархи хъуыддаг у. Æмæ мын кæд мæ бартæ ничима байста, уæд... — Ды мын иыртæккæ æргом зæгъ, Сæниат, мой кæныны фæнд дæм ис, æви нæ? — фарст цæхгæр сæ- вæрдта Азау. Нæ мæм зынди, гыццийы цæсгомы хуыз куыд фæи’в- та уыцы къæйных фарстæй, уый. Фæлæ тыпг кæй смæс- ты ис, уый бæрæг уыди йæ хъæлæсы уагæй. — Ахæм фарст мæ кæныс, Азау, цыма æз фыдгæнæг 137
Дæн, ды та прокурор. Мæ уавæры чи баззади, уыцы идæдз устытæй алкæмæн дæр ис мой кæныпы бар. Фæ- лæ ма сын уымæй дарддæр вæййы, сæ зæрдæмæ чи цæ- уы, сæ цард кæимæ спълан уыдзæни, сæ сидзæрты сып сæ сæртыл чи нæ хойдзæн æрвылбон, ахæмтæ бацагу- рыиы, равзарыны бар дæр... Мæпмæ гæсгæ изæрсарæй фаг фæныхас кодтам. Уæдæ мæ уайдзæфтæ, фидистæй дæр цух нæ фæуагътат. Гъе, æмæ, æцæг аив нæу уаз- джытæн афтæ зæгъын, фæлæ ныр мæ сывæллæттæн фынæйафоп у æмæ сæ мауал хъыг дарæм, — æппын- фæстаг алыг кодта гыцци. — Куыд зыны, афтæмæй та нæ ацы хатт дæр æнæ- дзуаппæй æрвиты Сæниат, — фæлмæн хъæлæсы уагæй загъта Азау. — Хорз, Сæниат, ноджыдæр ма ахъуыды кæн, мах та дæ райсом абæрæг кæндзыстæм... Æз ахæм адæймаг дæн, æмæ цы сфæнд кæнон, уый цалынмæ сæххæст уа, уæдмæ æрынцой нæ зонын. — Дыккагхатт æрбацыды сæр дзы ницæмæнуал хъæуы, Азау. Кæд ма исты ’мбарын, уæд уыи æгæр æргомДæр загътон мæ хъуыды. Кæд уый фаг нæу, уæд уын зæгъ- дзынæн иоджы æргомдæр: Мæнмæ дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсут, мæнæн рæстæг нæй, æндæр ран бацагурут, зад хуымы хизын кæмæн фидауы, ахæм уæрцц. Ацы фарс- ты фæдыл мæм цæугæ дæр мауал кæнут æмæ дзургæ дæр, -- цæхгæр алыг кодта гыцци. Фырцинæй мæ зæрдæ мæ риуы скафыди, уалдзыгон хъалхаст уæрыккау. „Уый та уыи æргом дзуапп, мæ лымæи лæгтæ, кæд 138
æнæргом дзуаппæй уæ хæдзæрттæм цæуын нал зонут, уæд!"—ахъуыды кодтон мæхннкмæр æмæ мæхиимæ загъд кæпын райдыдтон, чысыл раздæр гыццимæ æнæ- хъуаджы кæй фæхæрам дæн, уый тыххæй. — Дзырд кæмæ хъары, искæмæн дæр æмæ йæхицæн дæр аргъ кæнын чи зоны, уыдонæн уый æгъгъæд æр- гом дзуапп у, — раст цыма мæ хъуыды бамбæрста, ахæм хъæлæсы уагæй загъта нана. — Кæд ма исты æмбарын, хорз ус, уæд ам мойгæ- нæг ды нæ дæ, фæлæ дæ чызг—Сæниат. Æмæ йæ чызг амонд ссара, уый кæй нæ фæнды, уый цы хуызæи мад у ? — гæзæмæ мæм райхъуысти лæг уазæджы ризгæ хъæлæс. — Мæ мады бафхæрыны бар никуы никæмæн рат- дзынæн, уæлдайдæр та мæхи фатеры! —- мæ хъустыл ауа- ди гыццийы мæсты хъæр. — Ууыл фæци нæ ныхас. Дард- дæр нæ ницыуал дзырдтаг ис. Фæндараст фæут... Хъуамæ æрбазгъордтаин æнæхонгæ уазджыты тæрыи- мæ, фæлæ уæдмæ байгом, уатæй тыргъмæ цы дуар ис, уый. Бамбæрстон, уазджытæ, æппынфæстаг, сæхи ай- сыпы фæнд кæй скодтой. Цингæнгæ разгъордтон сæ размæ. Уыдон мæстыгъуызæй рахызтысты мæ иувæрс- ты. Тызмæг цæстæнгасæй мæ барæхуыстой, стæй аси- пыл фæуырдыг кодтой. Гыцци сæ фæдыл ныууади, фæ- лæ уайтагъд фездæхти. Нана ма сæ фæдыл дзæвгар фæ- касти, кæд сæ уынгæ нал кодта, уæддæр æмæ уап- дзæфгæнæджы æнкъуыст кодта йæ сæр. — Пуп, мæ фыдфынтæ дæр уемæ ахæссут! — сæ 139
фæдыл йæ къухтæ ацагъта пана. — Искуы дæр ма дзы ахæм тыхмигæнджытæ фендæуыди? Æз базгъордтон гыццимæ. Йе ’фцæгыл мæхи ацауы. гътон. Дзурын нæ фæрæзтон, афтæмæй йын пъатæ код- тон йæ уадултæн, йæ дæллагхъуыртæн. — Мæ фыдуаг, ме ’дылы хъæбул! — йæ хъæбысы, мæ ’рбатыхта гыцци, — мæ хæдзардарæг!.. Æваст фемдзасти стъолмæ. Æрдæгнозт агуывзæйы цур лæууыдысты, чысыл раздæр æм цы ’хцатæ радтон, уыдон. Уый систа æхцатæ, йæ риумæ сæ балхъывта, стæй мæм сæ ’рбадардта: — Дæ фыццаг мыздæй дæхицæн исты балхæн. Афтæ æмбæлы, афтæ вæййы, мæ дзæбæх хъæбул. Къаффетты кило дзы уæддæр æрбахæсс Зариффæ æмæ дæхицæн. Зариффæ базмæлыди йæ хуыссæны, Махырдæм фæ- зылди йæ иу фарсыл æмæ стæрын байдыдта йæ хæрз- конд былтæ, æвæццæгæн, къаффетты кой фехъуыста йæ мидфынæйæ. — Цавæр къаффеттæ ’лхæд у, гыцци, исты ма дын сывæллон дæн? — тæргайгæнæджы хъæлæсæй загътон æз. — Зариффæйæн ма, о, фæлæ... — Нæ, нæ, мæ хъæбул, сывгеллоп нал дæ. Йæхи цæнгты фæллоймæ райсгæ æхцатæ йæ гыццимæ чи хæс- сы, уый сывæллон нал вæййы. Фæлæ уæддæр дæ фыц- цаг мыздæй дæхииæн æмæ дæ гыццыл хойæп истытæ куы балхæдтаис, уæд аивдæр уыдаид. — Йæ хъæбысы мæ æрбакодта æмæ мын мæ сæры хъуынтæ лæгъзытæ кодта, афтæмæй загъта нана. 140
Мæ зæрдыл æрбалæууыди, нæ заводы цур къаннæг магазины цы чысыл хъулоч къаба федтон, уый. Раст Зариффæйы аккаг уыди. Уыцы къаба тынг рафидыдтаид йæ рæсугъд уæнгтыл. Мызд райсычмæ ма цынчо — фондз боны хъуыди, фыццаг хатт æй уæд федтон. Уæ- дæй нырмæ йæ ’рвылбон бæрæг кодтон, исчи йæ куы балхæна, уымæй йын тарстæн. Уæйгæнæгæн ма фæдзæх- сгæ дæр бакодтон, ма йæ ауæй кæн, зæгъын, цалынмæ мызд райсон, уæдмæ. Уый мæм фæлмæн бахудти йæ мидбылты, стæй мын зæрдæ бавæрдта, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн, æвæрæггаг дын нæ бафидын кæндзынæн, зæгъгæ. Гъе, фæлæ мызд куы райстон, уæд дзы иу капекк бахардз кæнын дæр нæ бауарзта мæ цæст: бафæн- дыди мæ æхцатæ иууылдæр гыццимæ радтын, йæ зæр- дæ йын бахъæлдзæг кæнын. Ныр мæ куы æппæлыдысты, фæлмæн, рæвдыд ны- хасæй мæм куы дзырдтой нана æмæ гыцци, уæд æз дæр мæхицæй ныббуц дæн. Æцæг лæджы хуызæн фæ- кастæн мæхимæ. — Æз нырæй фæстæмæ дæр афтæ кæндзынæн: кус- дзынæн, æхца исдзынæн æмæ дæм сæ хæсдзынæи, гыц- ци. Æлхæнын цы хъæуа, уый дæ хъуыддаг у. — Гъе, уый æцæг лæджы ныхас у, Инал. Раст зæ- гъыс, -— ногæй та мæ раппæлыди нана. —Хорз, мæ хъæбул, — æппынфæстаг сразы ис гыцци дæр. — Дæ хъуыды раст у. Афтæ ’мбæлы. Фæлæ’кус- гæ кæндзынæ ’рмæст сæрды бонты. Стæй та скъола* мæ. Дæ фыды афтæ фæндыди, цæмæй ахуыр кæнай. 141
Дæу ахуыргонд лæгæй фенынмæ бæллыди дæ райгуыр- дæй суанг йæ амæлæты бонмæ. Æмæ дæ ныридæгæн куысты бын куы акæнон, уæд... — Фидар дзырд дын дæттын, гыцци, — мæ мады ньг хас фæлыг кодтон. — Ард дын хæрын мæ фыды номæй, кусгæ дæр хорз кæндзынæн æмæ ахуыр дæр. Кæддæр Хъæссæй дæр афтæ бакодта: бон кусгæ кодта, изæр та—ахуыр. Афтæмæй каст фæци фæсивæды изæрон скъола. Райста астæуккаг ахуырдзинад. Заводы та нымад уыди хорз кусæгыл. Уый тыххæй йæ завод ар- выста институтмæ æмæ... — Хъæссæйы кой йедтæмæ куы ницыуал хауы дæ дзыхæй, лæппу, уæд цы хабар у? — йæ мидбылты худ- гæйæ мын бауайдзæф кодта гыцци.—Сусæгæй йын дæ мады ма ныууæй кæнай? — Цытæ дзурыс сывæллонæн, Сæниат, худинаг нæу? —бауайдзæф ын кодтя нана. —Нæ, нæ, нана, айфыццаг мын йæхæдæг дзырдта ме ’дылы фырт, Хъæссæйæ, дам, смой кæн, зæгъгæ, — хъастгæнæгау дзырдта гыцци.—Æмæ, зæгъын, уæд ды æмæ Зариффæ та цы фæуыдзыстут? Не ’ппæт дæр, дам, иумæ цæрдзыстæм хæлар æмæ уарзонæй. Искуы дæр, ма лæппу йæ мадæн мойæгтæ фæагуры? Æз тынг сæфсæрмы дæн. Ныллæг æруагътон мæ сæр æмæ мæ къæхты бынмæ иыккастæн. Æнхъæлмæ кастæн, пана мыи уайдзæфтæ кæд рапдайдзæн, уыцы уысммæ. Фæлæ уый нæ тагъд кодта. Йæхи æруагъта бандоныл æмæ-иу куы гыццимæ ныккасти цымыдисæй, 142
куы та—мæнмæ, цыма нæ фьшцаг хатт федта. Исдуг æрцъынд кодта йæ цæстытæ. Æз ма дис дæр бакод- тои, зæгъын, гыцци йын мæнæй хъæстытæ кæны, уый та фынæй баци, сывæллонау. Æппыифæстаг, йæ цæс- тытæ байгом кодта нана, йæ мидбылты бахудти æмæ сдзырдта: —Иунæг хуыцау дын куы раттид Хъæссæйы хуызæн цардæмбал, мæнæн та — уый хуызæн сиахс. Уæд дæм мæ зæрдæ бæргæ нал æхсаид. Уый мæ цæстыты раз схъомыл ис. Ахæм гуырдтæ дзы арæх нæй, мæ хъæбул. Гъе, æмæ миййаг исты куы ской кæна, уæд-иу „нæ" ма зæгъ. Уæдæ изæрсарæй ам цы зыгуымы гол- лаг бухъхъытæ кодта, уый дæр лæг у? Гуымыдза, æнæхсæст. Дæ хæдзары ахæммæ кæсыны фæлтау...
ÆХСÆЗÆМ СÆР ХЛЗБИ ÆМÆ БУДЗИ Хъæссæй нæм тынг арæх цæуын бапдыдта хæдзар- мæ. Лрæх нæ, фæлæ искуы иу хаттæй дарддæр æрвыл- изæр дæр уыди махмæ. Фæскуыст-иу заводы кулдуары раз æнхъæлмæ кастæн гыцци æмæ Хъæссæймæ. Стæй- иу не ’ртæ иумæ арастыстæм нæхимæ. Цыдыстæм-иу хæрз сындæггай, къахдзæфтæ ныманæгау, ныхасгæнгæ. Ныхас, æвæдза, кодтой гыцци æмæ Хъæссæй. Æз та— ^ъусгæ. Сæ дзырды сæр, фыццаджыдæр, уыди заво- дыл, ’куыст фæхуыздæр кæныны мадзæлттыл, науæд та—кусджытæй чи цæмæйтыхст у æмæ йын цæмæй бах хуыс кæнын хъæуы, уый фæдыл (мæ мад ныр уыди заводы бынæткомы сæрдар). Мæнæн тынг æнцон, тынг æхсызгоп уыди сæ хæлар ныхасмæ хъусын æмæ алы хатт дæр архайдтон, цæмæй сæ ма бахъыгдардтапн. Хæлар бипонтау, Хъæссæимæ иумæ адджын сихор бахæрычы фæстæ-пу мæхи айстон иинæ уатмæ. Сарæз- топ-пу мæ уроктæ (ныр ахуыр кодтон изæры скъолайы 144
стæм къласы). Кæд ма мын-иу рæстæг баззади, уæд-иу абадтæн рудзынджы раз æмæ-пу кастæп, Хъæссæй мын цы бирæ чингуытæ хаста, уыдон, Стæй та — скъоламæ. Уроктæ фæуд кодтой фæсбайдианы. Фæлæ-иу, хæ- дзармæ ’æрбацæугæйæ, фылдæр хатт Хъæссæйы ’рбай- йæфтон пæхимæ, Зариффæйæн йæ уроктæ аразыны æх- хуысгæнгæ, науæд та — гыцциимæ кæрæдзийы ныхмæ бадгæ æмæ зæрдиаг ныхæстæгæнгæ. Æз фиппайдтон, Хъæссæйы сæхимæ йæ къах кæй нал хæссы. Иу хатт ма йын афтæ дæр загътон: — Хъæссæй, ам бафынæй кæн, уæхимæ иунæгæй тæригъæд дæ. — А-дунейы ма мыл дæуæй дарддæр æрмæст иунæг адæймаг куы мæт кæнид, уæд мæнæй амондджындæр лæг нал уаид, мæ гыццыл хæлар, — йæ мидбылты фæл- мæн бахудти, афтæмæй загъта Хъæссæй æмæ сыстади. — Дæ мад мæ цалынмæ рацъон бирæгъы сырд нæ фæ- кодта, уæдмæ мæхи айсон мæ мæгуыр хæдзармæ. Гыцци аххосджыны худт бакодта, фæлæ дзуапп пæ радта Хъæссæйы хъазæн ныхасæн, нæ дæр мæ фарс рахæцыди, цæмæй Хъæссæй махмæ бахсæвиуат кæна, уый тыххæй. Алы хаттау та ныр дæр афæыдараст кодтон Хъæс- сæйы. Исдуг цыдыстæм æнæдзургæйæ. Æз мæхинымæр хъуыды кодтон йæ дæлгоммæ ныхасыл, фæлæ йæ бам- барын мæ къухы не ’фтыди. Хъæссæй ацы хатт цыди уæлдай сындæгдæр, арæх фæкæс-фæьсæс кодта фæстæ- мæ, цыма, мæ фæндонмæ кæй нæ байгьуыста æмæ ныр 10* 145
æвæндонæй кæй цæуы йæ æдзæрæг хæдзармæ, ууыл фæсмоп кодта. — Дæ хæлæртты нæма федтай, нæма сæ абæрæг кодтай? — оафарста мæ Хъæссæй, æваст йæ мидбынаты æрлæугæйæ, æмæ уыцы мæйдары мæ цæстытæм нык- каст. Æз нæ бамбæрстон, цавæр хæлæртты кой мын код- та, уый æмæ йæм фæрсæджы каст бакодтон æнæдзур- гæйæ. Заводы афæдзæй фылдæр нæма бакуыстон, фæлæ мын уым тынг бирæ хæлæрттæ фæзынди куыд ме ’мка- рæптæй, афтæ ацæргæ, фæлтæрд æмæ зындгонд кус- джытæй дæр. Уæдæ бынтон æнæ хæлар нæ уыдтæн изæ- рон скъолайы дæр. Гъе, фæлæ уыдонæй дард балцы чн фæци, рагæй кæй нæ федтон, ахæм нæ уыди. Хъæс- сæй, æвæццæгæн, мæ уавæр бамбæрста æмæ фергом- дæр кодта йæ хъуыды: — Хазби æмæ дын Будзийы кой кæнын. — Дзуапп ын куынæ радтон, уæд та мын загъта æмæ та мæм ком- коммæ ныккасти, цыма мæ цæсгомы хуыз куыд фæив- та, уый фенынмæ хъавыди уыцы талынджы. — Иу къуырийы размæ, дам, ссæрибар сты. Æрцыдысты сæ хæдзæрттæм, фæлæ та уынгты хъеллау кæнын райдыд- той. Тæрсын, Инал, сæ къухтæ та куынæ фæлæууой, исты æвзæр ми та куы бакæной. Дыккаг хатт куы ба- хауой, уæд сæ хъуыддаг фæзын уыдзæни. Зкн бамбарæн уыди, Хазби æмæ Будзи иу хатт Хъæссæйы ног костюм куы адавтой æмæ ауæй кодтой, 146
уый йæ зæрдыл æрлæууыди æмæ уымæн афтæ дзырд- та, ахæстонæй йын сæ рацыд хъыг уыди, æви та ногæй исты æвзæрдзинад куы бакæной æмæ та ахæстонмæ куы бахауой, уымæй сын тæрсы. Мæ зæрдыл та æрбалæууыди, фарон, иу уазал райсом, æпæзонгæ горæты, хæрæндоыы бадгæпæ мын Будзи куыд бафидис кодта: „Де стыр гуыбын куы сафтид уа, уæд та нæм-иу фæзын", зæгъгæ. Куыдзы тард мæ куыд ра- кодта, уый. Мæ цæстытыл та ауади, Будзи мæм йæ хæбуздзыхъ цæсгом куыд сæнцъылдтытæ кодта, йæ бæзхъуыи æрфгуытæ куыд алхынцъысты, йæ къæхты бынмæ куыд нытту кодта æмæ мып ризгæ къухæй куыд ацамыдта дуарырдæм, уыдæттæ. Раст цыма дысон æр- цыди уыцы хабар, афтæ та байгоми мæ зæрдæйы зæ- ронд хъæдгом, арæсыди та мæ маст. „Диссаг у, рæстæг куыд тагъд згъоры? — хъуыды кодтон мæхинымæр. — Хазби æмæ Будзийы куы ’рцахс- той, уæдæй нырмæ цыма къуырийæ фылдæр нæма аив- гъуыдта. Кæуылты атахти афæдз, уый пæ бафиппайд- тон. Цымæ йæ сæхæдæг дæр афтæ нæ бафиппайдтой? Уыдопмæ дæр афтæ цыбыр фæкасти рæстæг? Цымæ пæ бамбæрстой сæ рæдыд, нæ пыл æрфæсмоп код- той?" — Исты æвзæр хъуыддаг та куы бакæной, сæ къух- тæ та куынæ фæлæууой, æмæ та, афæдз кæм фæбад- тысты, уырдæм куы бахауой, уымæй сын тæрсын, — ногæй та загъта Хъæссæн. Йæ хъæлæсы уаг уыди цавæрдæр æнкъард, сагъæсгъуыз. — Исты амал . æры- 147
мысын хъæуы. Хъуамæ сып баххуыс кæнæм æз æмæ ды, фервæзын сæ кæнæм сæ рæдыд фæндагæй. „Хъуамæ сын баххуыс кæнæм æз æмæ ды, фервæ- зын сæ кæнæм сæ рæдыд фæндагæй", — мæхинымæр загътон æз, Хъæссæйы фæзмæгау. Дæуæн дæ бон у, Хъæссæй. Ды зæндджын æмæ фæлтæрд лæг дæ, зоныс, кæмæн цы æмæ куыд баххуыс кæнын хъæуы, уый, фæ- лæ æз та цы хъуамæ баххуыс кæнон искæмæн? Цас федтон æмæ цы зонын? Мæхи дæр мын ды куы фæип- пæрд кодтай галиу фæндагæй..." Исдуг та æнæдзургæйæ ауадыстæм, стæй та Хъæс- сæй æрлæууыди. Мæйдары та ногæй бакасти мæ цæс- тытæм. — Ахъуыды-ма кæн, Ииал, — лæгъзтæгæнæгау та мын загъта Хъæссæй æмæ бынозæй ныуулæфыди. — Бабын уыдзысты лæппутæ... Æнæмæиг сæ фен. Аныхас кæн семæ, стæй сæ исты амалæй мæ къухты бафтау. Иу изæр мæм сæ æрбахон хæдзармæ, науæд та уæхимæ. Заводмæ сæ хъуамæ басайæм. Æз сын уым куыст ссар- дзынæн. Уым исты дæсныйад базондзысты. Ахуыр кæн- дзысты изæры скъолайы... Ау, æрсыты дæр ма куы æрмахуыр кæнынц адæм, уæд æз æмæ ды, стæй заводы цы заманайы фæсивæд ис, уыдон куыннæ бафæраздзы- стæм дыууæ лæппуйы схъомыл кæнын? Бон кусгæ куы кæной, изæрæй та — ахуыр, уæд сæ уынгты леккамæ нал æвдæлдзæни. Гъе, æмæ,> боныфæстагмæ, ферох кæн дзысты се ’взæр митæ... Чи’ зоны, цы хуызæн хорз лæг- тæ сæ рауайдзæни, фæкæсыны фыдæй цæмæн хъуамæ фесæфой... 148
Уыцы æхсæв мæ цæстытæм æмгæроп пал цыди хуыс- сæг. Мæ хъуыдытæ иудадзыг зилдух кодтой, куы сыл фембæлон, уæд мæхи куыд дардзынæн сæ разы, цытæ сын дзурдзынæн, куыд сæ баууæндын кæндзынæн, Хъæс- сæйы хæдзармæ кæнæ сæ нæхимæ куыд хондзынæн, уыдæттыл. Раст зæгъын хъæуы, байхъусдзысты мæм, уый мæ æххæст уырнгæ дæр нæ кодта. Фæлæ уæд- дæр, æппынфæстаг, алыг кодтон: „Иугæр Хъæссæй зæгъы, уæд, æвæццæгæн, афтæ хъæуы. Хъæссæй зоны, цы аразын æмбæлы, уый. Æмæ хъуамæ бафæлварон. Хъуамæ сæ ссарон тæккæ райсом, зæрдиагæй баныхас кæнон семæ". Уыцы хъуыдыимæ, æппынфæстаг, бафыпæй дæн- Æмæ мæм цалынмæ гыцци сдзырдта, куыстмæ ма бай- рæджы кæн, зæгъгæ, уæдмæ мæ фыны дæр архайдтон Хазби æмæ Будзиимæ. Аивгъуыдта цалдæр боны, фæлæ мын нæма бантыс- ти сæ фенын. Хазбийы ма агуырдтон сæ хæдзары дæр, фæндыди мæ фыццаг уал уыимæ баныхас кæнын, уый уал сразы кæнын. „Хазби мæнырдыгæй куы фæуа, уæд дыууæйæ куыннæ сразы кæндзыстæм Будзийы? Куыннæ йæ акæн- дзыстæм нæхи фæндыл?" — хъуыды кодтон мæхины- мæр. Фæлæ Хазбийы сæхимæ никуы баййæфтон. Иу ахæм бацыды рæстæг мыл йæ мад фембæлди тызмæ- гæй, сбустæ мыл кодта, „цы нæ баййардтай, иудадзыг Хазби, Хазби цы кæныс, æви та...и—„æви та" цы уый нал загъта, афтæмæй бацыди хæдзармæ æмæ мы^ 149
дуар рагуыпп кодта. Хазбийыл мæ цæст никуы хæцыдн уынджы дæр. Фембæлдтæн сыл, бынтон æнхъæл куыд пæ уыдтæн, стæй сæ агургæ дæр куыннæ кодтои, раст ахæм рæс- тæг. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы бонæй хъæлдзæгдæр, уыцы бопæй амондджындæр никуыма уыдтæн уый агъоммæ: райсомæй куыстмæ куы бацыдтæн, уæд заво- ды кæрты „Кады фæйнæджы" раз лæугæ баййæфтоп ме ’мбæлттæй цалдæры. Куы мæ федтой, уæд мæм сæ къухтæ тилын байдыдтой хъæлдзæгæй, рацу ма ардæм, зæгъгæ. Дисы бафтыдтæн, зæгъын, цы хабар у, цæй фæдыл у сæ уыцы стыр хъæлдзæгдзинад? Уадиссагæй цы федтой „Кяды фæппæгыл"? — æмæ батындзыдтои, лæппутæ кæм лæууыдысты, уырдæм. Уайтагъд мыи, æзфæраздæропæй, нсын райдыдтой мæ къух, схæцы- дысты зæрдæбын арфæтыл, „Кады фæйнæгмæ" амоп- гæйæ. Æз нæма æмбæрстон, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Фæлæ „Кады фæйнæгыл", заводы номдзыддæр кусджыты ’хсæп куы федтон мæ къам дæр, уæд мыл цыма фыцгæ дон бакалдæуыд, раст афтæ фæци мæ зæрдæ. Раст мæ, цьша, цы пе ’мбæлд, ахæм ми кæнгæ баййæфтой ме ’мбæлттæ, цыма мын зæрдиаг арфæты бæсты’, уайдзæфтæ, фидистæ кодтой, уыйау ныккастæн мæ къæхты быпмæ. Кæдæм ма фæлыгъдаии, кæм бам- бæхстаин, уый пал зыдтон мæ фыртыхстæй. 150
Куыст райдайынмæ нырма дзæвгар рæстæг уыди. Æз мæхи байстон заводы райдзаст кæрты иу къуыммæ семæ уырдыгæй æфсæрмдзæстыгæй кастæп • заводы кулдуармæ, Хъæссæйы фæзындмæ. Цæпдæр тыххæй мæм мæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма мын Хъæссæй бауай- дзаеф кæндзæни, заводы хуыздæр кусджыты къамты ’хс^ен мæ хуызист дæр кæй фæзннди, уый тыххæй. Æр^ом куынæ зæгъа, уæддæр ахъуыды кæндзæни: „Кæм фесгуыхтæ? Цы сарæзтай уыйбæрц, цæмæй наз хуыздæр, кадджындæр кусджыты фарсмæ бынат бацахсай?" Фæхæрам мæм уыдзæп. Æмæ .æз та æппæ* тæй тынгдæр тæрсын уый хъыджы бацæуынæй, йæ зæрдæхудт райсынæй. Æниу дзы цы аххосджын дæн? Мæ къам мæхæдæг куынæ сæвæрдтон мыййаг ахæм кадджын ран. Науæд гыцци — бынæткомы сæрдар — куыд сразы ис уыцы хъуыддагыл?.. Уыцы хъуыдытæй мæ фервæзыи кодта на? цсхы хистæр, кусджыты хуыздæр хæлар Аслæпджерп. Уый йæ- фæндаг ракодта, кæм лæууыдтæн, ууылты. Фæлæ æваст æрлæууыдис нæ бынаты Йæ къух мæм фæтылд- та, ардæм рацу, зæгъгæ, стæй цæхгæр фæзылди æмæ фæцæуæг ис „Кады фæйнæгы" ’рдæм. Æвæндонæй, мæ къæхтæ мæ фæдыл ласæгау араст дæн йæ фæдыл. Ногæн та мæ зæрдыл æрбалæууыди, афæдзы размæ мæ иу сæумæрайсом Хъæссæй куыд бакодта ацы лæджы размæ, куыд мæ фæдзæхста, мæ гыццыл хæлармæ дæ цæст фæдар, раст цыма дæхи фырт у афтæ, йæ ахуыр кæп, рæвдау æй, стæй куы 151
хъæуа, уæд ыл æфхæрынæй дæр ма ауæрд, зæгъгæ- Гъе, æмæ мын амыдта. Сахуыр мæ кодта токары - дæс; ныйадыл. Рæвдыдта мæ, йæхи лæппуйау. Домгæ дæр куыннæ, фæлæ мæ æфхæргæ никуы бакодта. Иунæ^ тызмæг дзырд дзы никуьг фехъуыстон. Дис мæм кæ- сы, уыйбæрц фæлмæн, рæвдауæн ныхас æм кæцёвй цыди! — Рæвдздæр, лæппу, зæронд лæджы схæц-æруадз цы кæныс? — худгæйæ мæм æрбадзырдта Аслæнджери æмæ ма мын йæ къухæй дæр ацамыдта, дæ къæхтæ цырддæр райс, зæгъгæ. — Æхсызгон мын у, тынг æхсызгон де ’нтыстдзи- нæдтæм кæсын, мæ хур. Арфæ дын кæнын. Ныфс мæ ис, заводы разамонджьпæ, стæй де ’мбæлттæ дæ куыс- тæн, дæ тырнындзинæдтæн ахæм аргъ кæй скодтой, уый раст бамбардзынæ, дæхиуыл нæ фервæсдзынæ, дæ сæр нæ разилдзæни, фæлæ дæ куыст ноджы фæ- хуыздæр кæндзынæ. Стæй дæ нæ заводы фæсивæд се ’ппæт дæр бафæзмдзысты, — тыхстгонд хъæлæсæй загъта Аслæнджери, Кады фæйнæгыл мæ къаммæ ацамонгæйæ. Уый фæстæ мын йæ тыхджын æртты ’хсæн балхъывта мæ къух, стæй йæм цыма уый фаг нæ фæкасти, афтæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта æмæ мæ йæ фæтæн риу- мæ ’рбалвæста. Ногæй та мæ дзыгуыры стыхстæн фырæфсæрмæй. Цы якодтаин, уый та нал зыдтон. Аслæнджери йæ дзыппæй систа газет, райтынг æй кодта. Нымдзасти газеты иу фарсмæ. Уырдыгæй худæндзастæй касти 152
мæхи къам. Фырад&ргæп мæ сурхид акалди. Мæ цæс- гом нал хъæциди ме ’мбæлттæм бакæсын. Афтæ мæм касти, цыма мæм уыдон се ’ппæт дæр кæсынц уайдзæ- фы цæстæнгасæй, сæхинымæры зæгъдзысты: „Цымæ кæм фесгуыхти махæй хъауджыдæр. Кады фæйнæгыл уый къам бакодтой, газеты очерк ууыл пыммыхуыр кодтой æмæ ма дзы йæ къам дæр сæвæрдтой. Цехы фæскомцæдисон организацийы секретарæй уый сæв- зæрстой, æрæджы заманайы костюм уымæн балæвар кодта заводы дирекци. Цавæр у? Цы ’рцыди? Æви за- вод æнæхъæнæй дæр Иналы мæллæг уæхсчытыл æрæн- цади?" Уыцы хъуыдытæй мæ фæхицæн кодта Аслæнджери- йæн йæхи хъæлæс: — Лæппутæ! Мæнæ ацы газеты хорз очерк ис уе 4мбæлтты хуыздæртæй сæ иуы —Иналы тыххæй. Фæн- дыди мæ, ам æй куы бакастаиккам ныртæккæ. Фæлæ нын рæстæг нал ис: куыст райдайын афоп у. Бакæсут æй уæхæдæг. — Бакæсдзыстæм æй, æнæмæнг æй бакæсдзыстæм,— фæйнæрдыгæй схор-хор кодтой лæппутæ. Нæ хъуыды кæнын, цехмæ куыд æмæ цы ’нкъарæн- тимæ бацыдтæн, куыд куыстон, цы архайдтон. Мæ зæрдыл ма лæууы æрмæст иу хабар: уыцы бон, куыс- ты фæстæ, уыди цехы кусджыты иумиаг æмбырд. Уым Аслæнджери хъæрæй бакасти, газеты мыл цы очерк уыди, уый. Кусджытæ хъуыстой цымыдисæй, рæстæ- гæй-рæстæгмæ-иу сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой. 153
Цынæ фыст уыди уыцы очеркы, цы хуызы мæ не ’ппæлыдысты! Дис мыл бафтыди, очерк каст фæуыны фæстæ, Аслæнджери æмбырды адæмæн куы фехъусын кодта, зæгъгæ, Инал ацы бон йæ куыстадон хæслæвæрд сæх- хæст кодта кæдфæндыйæ фылдæр æмæ хуыздæрæй, уæд. Адæм нымдзæгъд кодтой. Уый фæстæ ма чидæр- тæ ныхас кодтой, æппæлыдысты мæ, æвæццæгæн, фæлæ цы дзырдтой, уымæй, мæнмæ гæсгæ, мурдæр нал бам- бæрстон фыртыхстæй. „Уый дын хъуыддаг! — мæхинымæр хъуыды кодтоы æз. — Мæнмæ гæсгæ, абонæй æвзæрдæр никуы куыс- тон. — Исты зæгъын дæ фæнды, Инал? — æппынфæстаг мæ бафарста Аслæнджери. Сагъæсты бахаудтæн: цы зæгъон, уый мæ сæр нал ахста. Уæлдайдæр та тыхс- тæн, уымæн æмæ ахæм рæстæг цы зæгъын æмбæлы, уый нæ зыдтон. Æмбæлттæм мæ ныхас мыййаг хицæй æппæлыны хуызæн куы фæкæса. Уый агъоммæ мын костюм куы балæвар кодтой, уæддæр афтæ фæтыхс- тæн. Бирæ цыдæртæ зæгъыи мæ фæндыди, фæлæ ис- дуг гобийæ лæууыдтæн, стæй иунæг дзырд „бузныг", зæгъгæ, сæппæрстон цыдæр амæлттæй. Ме ’фсæртæ бандзыг сты, æвзаг андæгъди комы къултыл, æмæ дыккаг дзырд зæгъын нал бафæрæзтон. Гъе, æмæ та ныр дæрме ’взаджы цъуппылæрцауындзæг ис уыцы „буз- ныг" æмæ рагæппæввонгæй дзедзлой кодта. Адæм æн- хъæлмæ кастысты, цы зæгъдзыиæн, уымæ. 154
— Æгæр мæ стаут, æгæр мæ буц кæнут, æмбæлттæ, — амшынфæстагйæ бæттæнтæ атыдта мæ къуымых æвзаг. — Пнпæты раз, иннæты хъауджыдæр ницы сарæзтон. Кæд æцæг исты арæхсын байдыдтон, кæд мын æцæг гыццыл истытæ æнтысы, уæд уый мæ хъару, мæ зонды фæрцы нæу. Уый не ’ппæты хæлар æмæ зондамонæджы — нæ иехы хистæры æххуысæй, стæй сымах æххуысæй у... Аразын, æрмæст мæ бон цас у, цæйбæрц мын æнтысы, уыйас, æмæ уый мæ комкоммæ хæс у. Гъе, æмæ лæг йæ хæс кæй æххæст кæны, уый тыххæй йын бузныг зæгъын нæ хъæуы, æппæлын дзы не ’мбæлы... Ноджы ма бирæ цыдæртæ фæдзырдтон, фæлæ сæ нал хъуыды кæнын. Нæ мæ рох кæнынц æрмæст Аслæнджерийьг ныхæстæ: — Хорз дзырдтай, лæппу, — адæм куы фæпырхысты, уæд мын загъта уый, йæ куыстуарзаг къух мып ме уæхскыл æрывæргæйæ. — Тынг хорз дзырдтай, фæлæ уыцы дæргъвæтин ныхасы бæсты хæрз цыбыр куы загътаис, уæд аивдæр уыдаид, нæ дæ сирвæзтаид хи- стауæн, æппæлой дзырдтæ дæр. Афтæ никуы фехъуыс- тай: „дзургæ — къаддæр, аразгæ та — фылдæр?" Мæн тыххæй кæй загътай, уый дæр не’мбæлди. Дæхи загъ- дау, æз дæр æрмæст мæ хæс æххæст кæнын, æндæр ницы... Уæдæй фæстæмæ ме сæфт уынын бирæ дзурынæй. * * * Заводы мын цы костюм балæвар кодтой, уый æр- мæст ацы изæр скодтон мæ уæлæ. Скодтои мæ ног 155
туфлитæ æмæ итувæрд урс хæдон дæр, цыма стыр бæрæгбонмæ цыдтæн, афтæ азгъордтон скъоламæ. Урокты фæстæ арæзтам къулы газет. Уым афæсти- ат дæн, æмæ нæхимæ рацыдтæн фæсбайдианы. Згъорд- тон хъæлдзæгæй. Тындзыдтон, цæмæй ма Хъæссæйы баййафон нæхимæ, байхъуыстаин та йæ зондджын ны- хасмæ, стæй йæхи хæдзармæ куы цæуа, уæд та йæ фæндараст акæнон. Иу уынджы тигъыл лæууыдысты Хазби æмæ Будзи. Сæ дзыхтæй ферттив-ферттив кодтой судзгæ бапирос- тæ. Цæхгæр фæлæууыдтæн мæ мидбынаты. Афæнд кодтоп иннæ уынгыл фæзилын æмæ нæхимæ азгъорын. Фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыди Хъæссæйы фæдзæхст: „Фен сæ, баныхас кæн семæ\ зæгъгæ, æмæ мæ фæн- даг ракодтон, кæм лæууыдысты, ууылты. —Уе зæртæ хорз уæнт, лæчпутæ, æмæ алы хатт æгас цæут, — загътон мæ кæддæры „хæлæрттæн" æмæ „зондамонджытæн", сæ размæ куы ’рбахæццæ дæн, уæд æмæ мæ къух бадаргъ кодтон Будзимæ (уый мæм æввахсдæр лæууыди). Лæппу мæм тызмæг æрбакасти, йæ дзыхы цы ставд бапирос уыди, уый фæзылдта иу комы къулæй иннæмæ, цалдæр къахдзæфы фæстæмæ алæууыди, стæй мæм сдзырдта æнæрвæсон хъæлæсы уагæй: — Æмæ кæд дæ изæр хуыздæр у, уæд ам цы ра- лæс-балæс кæныс, æви та погæй нæ фæдыл зилын рай- дыдтай, дыккаг хатт та нæ ауæй кæпынмæ хъавыс? — Æмæ ма уæ кæд ауæй кодтон? — амæсты дæн, аф- 156
тæмæй йæ афарстон, стæй ма, ныхас хъазыны ’рдæм фæзилына тыххæй, бафтыдтон: — Стæй дæ чи балхæндзæни, кæй цæмæн хъæуыс? Къухтæ йæ синтыл авæрдта, риу размæ ракъуыпп кодта, афтæмæй мæм хæрз æввахс æрбацыди Будзи. Лрахъхъ æмæ тамакойы тæф сæмхæццæ стьт, афтæмæй улæнтæ кодтой йæ хъæлæсæй. Комкоммæ мын ныккасти мæ цæстытæм, стæй мыл фæбогъ кодта: — Кæц дæ ницæйаг цардæй сфæлмæцыдтæ, хæрæ- джы къæлæу, уæд дæ дзы æз ныртæккæ фервæзын кæндзынæн. Фарон нæ кæй ныууæй кодтай милицийæн, уый дæм фаг нæ фæкасти, æмæ та нæ ногæй уæй кæ- нынмæ хъавыс?! Æз фæджих дæн. Цæй уæй кæныны кой кодта, уый иæ бамбæрстон. Дисгæнæджы каст æм кодтон, фæлæ сдзурын мæ бон ницыуал уыди. — Цытæ дзурыс, Б.удзи, æви сæнттæ цæгъдыс? — æппынфæстаг сфæрæзтон æз. — Ноджыдæр ма æз цæгъдын сæнттæ?! — йæ тым- былкъух мын мæ фындзы бын авæрдта Будзи... — Ныр- тæккæ зæгъ, фæдысмуд куыдзау дæ нæ фæдыл чи баф- тыдта? Будзи æцæг хыл кæны, уый мæ нырма æххæст нæ уырныдта, фæлæ уæддæр цæйдæр тыххæй фæстæмæ фæлæууыдтæн. Мæ чъылдыммæ февзæрди Хазби. Уæд- мæ кæцæйдæр фæзынди Бæби дæр. Йæ къухæй цыдæр ацамыдта Будзийæн. -- Дзур, дæумæ хъусын. Науæд дын ныртæккæ!.. — 157
æмæ та йæ къух мæ былты (рдæм æрбацæйуади. Фæс- тæмæ та фæхæцыдтæн мæхиуыл, фæлæ мæ Хазби раз- мæ фесхуыста. — Дзур, дзур, шпион, чи та дæ бафтыдта пæ фæдыл. — Цæвут уыцы къæлуайæ фыркъайы! Мæ маст дæр дзы райсут, науæд та йæ мæхи бар бауадзут, — дардæй, йæ къухтæ тилгæ, дзырдта Бæби, хылмæ разæнгард кодта Хазби æмæ Будзийы. , — Ацы костюм мах аргъæй балхæдтай, фæлæ йæ би- рæ нæ фæдардзынæ! — мæ риумæ мын фæлæбурдта Бу- дзи æмæ мын мæ къандзолы æгънæджытæ растыгъ- та. — Мах аргъæй йæ балхæдтай, гадзрахатæйцæуæг. — Цы кæнут? Цы уæ хъæуы мæнæй? — мæхиуыл ма тыхамæлттæй хæцыдтæн, афтæмæй сæ фарстон. —’ Бирæ ницы, æрмæст дын дæ дзæгъæл æвзаг йæ бындзарыл стондзыстæм æмæ дын æй фæстейы... уы- мæй фылдæр ницы, — фæхъæр та кодта Будзи, стæй йæ тымбыл къух дардыл ныззылдта æмæ мæ риуы фæйнæ- гæн гуыпп. Дыккаг цæф æруади мæ фæсонтыл, стæй ма чи нымадта, цал цæфы мыл сæмбæлди, уыдон. — Цæмæ ма йæм кæсут? Марын хъæуы, марын, уы- цы куыдзы фырты! — Бæби ардыдта Хазби æмæ Бу- дзийы. Хылы райдианы æз цæвгæ никæй кодтон, æрмæст æпу- выдæй хъахъхъæдтон мæхи æмæ архайдтон сæ къух- тæй мæхи суæгъд кæныпыл, алидзыныл. Фæлæ мын Хаз- би мæ цæнгтæ фæстæмæ аздыхта. Фезмæлын мæ нæ уагъта. Будзи та мæ нæмгæ кодта. 158
— Афтæ хъæуы уыцы уæйгæнæгæн. Афтæ йын хъæ- уы! Цæвынæй йыл ма ауæрдут, ныххурх æй кæнут! Йæ уд ын сæппарут! — дардæп йæ къабæзтæ тылдта Бæби. Будзийы тымбыл къух куыддæр фæкомкоммæ ис мæ рахиз цæстмæ. Бæстæ мыл фæталынги. Мæ сæр ра- зылди. Мæ зонд фæхæццæ ис. Мæхæдæг дæр нæ ба- зыдтон, мæ къах куыд ауади Хазбийы артæнтыл. — Ам-ардта м-мæ! — фæбогъ кодта Хазби æмæ уай- тагъд феуæгъд сты мæ къухтæ. Уыцы рæстæг Бæби кард фæсагъта Будзийы къухы, йæхæдæг фæстæдæр алæууыди. Тынг фæтарстæн. Лидзыны фæнд бæргæ скодтон, фæлæ мын нал бантысти: æвирхъау рыст фæ- кодта мæ рахиз уæны [бын. Мæ хъустыл ауади мæхи хъæр, амардтой мæ, зæгъгæ, стæй — цавæрдæр чызджы цъæхахст, фæдисхъæр. Уый фæстæ та — милицийы æх- ситтгæнæны къуыззитт. Стæй цы фæдæн, уый нал ба- зыдтон. — Мæ цæстæй куы ракастæн (мæ цæстытæй нæ, фæ- лæ мæ цæстæй, уымæн æмæ мæ рахиз цæст баст уыди, ракæсæн дзы нæ уыди), уæд цымыдисæй кастæн æнæ- зонгæ къаннæг уаты цар æмæ къултæм. Нæ зыдтон, кæм дæн, стæй куыд æрбахаудтæн уыцы æнахуыр уат- мæ, уый. Мæ сынтæджы раз сæргуыбырæй бадтысты гыцци æмæ Хъæссæй (фæстæдæр мын гыцци куыд загъ- та, афтæмæй дысонæй нырмæ бадтысты мæ разы, фæ- лæ сæ æз нæ федтон, уадзыггонд кæй уыдтæн, уый тыххæй). Мæ мады цæсгом уыди кæуынгъуыз, мæрд- Д59
вæлурс, цæстытæ — сырх-сырхид. Комкоммæ мæм касти, фæлæ мæ, мæнмæ гæсгæ, уынгæ нæ кодта. Æнкъард, фæлладгъуыз уыди Хъæссæй дæр. — Кæм стæм, гыцци? — мæхимæ дæр гæзæмæ чи хъуысти, ахæм хъæлæсы уагæй бафарстон мæ мады. Уый ахæм схъиуд фæкодта, раст цыма арс ныббогъ код- та йæ тæккæ раз. Фестад йæ бынатæй. Фæгуыбыр мæм кодта. Мæ сæр йæ хъæбысы ’рбатыхта, пъатæ райдыд- та мæ уадултæн: — Мæ иунæг, мæ зæрдæдарæн! Мæ дзæбæх лæп- пу! — кæуынхъæлæсæй дзырдта гыцци, йæ цæссыгтæ сæрфгæ. Цыма гыццийы разæй Хъæссæймæ кæй не сдзырд- тон, уый йын хъыг уыди, уыйау къулбæрзæйæ лæууы- ди рудзынджы раз. Афтæ мæм фæкасти, цыма йæ иу цæстæй мæн æмæ гыццийы ’рдæм касти, иннæмæй та — къæлидормæ. Æппынфæстаг, æвæндон зылд ракодта не ’рдæм æмæ, уайцзæфгæнæгау, бахъуыр-хъуыр кодта: — Бæллæх мыл куы æрцыди дæуимæ, Сæниат: æн- дæрæхсæвæй пырмæ бафæлладтæн дæ тъизынмæ хъусы- нæй. Лæппу тынг тыхст куы уыди, уæд куыдтай, калд- тай дæ цæссыгтæ. Æз дæм хъуыстон, фæлæ ницы дзырдтон, тæригъæд дыи кодтоп. Стæй мæхи зæрдæ дæр йæ уагыл нæ уыди: уæдæ ма Иналæй тынгдæр кæ- уыл бамаст кæнон, кæуыл батыхсоп? Æндæр мын чи ис? Фæлæ ныр куы феицойдæр ис, цæстæп куы ракаст, йæ ’удæн тас куынæуал у, уæд ма та дзы цæмæн хъæ- уы кæуын? 160
— Кæугæ куыпæ кæнын, Хъæссæй. Уый фырципæй бауынгæг ис мæ зæрдæ. Хивæид у мады зæрдæ. Хи- вæнд сты йæ цæссыгтæ. Уыдон уайдзæфтæ нæ хъу- сынц, æгоммæгæс сты, — ахæм фæлмæн, ныллæг хъæ- лæсæй загъта гыцци, цыма мæнæн, кæнæ Хъæссæйæи йæ адджын фынæйæ райхъалæй тарсти. — Мады зæрдæйæн бардзырдтæй бауромæн нæй, Хъæссæй, — гом дуарæй æрбадзырдта æнæзонгæ лæг милпцийы кусæджы дарæсы, йæ фæтæн уæхсчытыл урс халат — уæгъдæппæрстæй. Исдуг æнцад алæууыди нæ мидбынаты, цымыдисæй касти куы мæнмæ, куы та мæ разы чи бадти, уыдонмæ. Йæ цæсгом ахæм сагъæс- гъуыз уыди,- цыма мидæмæ ’рбахиза, æви нæ, ууыл ка- тай кодта. — Гъы, куыд дæ, герой? — æппынфæстаг, мидæмæ ’рбахизгæйæ, мæ бафарста милицийы кусæг. Цыма мæ рагои хæлар уыди, йæ мидбылты мæм ахæм худт бакодта. — Куыд зыпы, афтæмæй дын дæ бындз атæхын кодтой уыцы куыдзы фырттæ. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй дæ хуымæтæджы ’лхыскъ пæ фæкодтой. Фæ- лæ дын ныр ницыуал у. Тæрсгæ мауал кæн... — Йæ мад амæла, кæд мæт кæнынæн нал уыди. Мæ уд сæ нывонд дохтыртæн æмæ Хъæссæйæп. Мæ сидзæ- рæй хъомыл сывæллон кæд фервæза, уæддæр уыдоны фæрцы, уыдон æххуысæй, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта гыцци æмæ та пæ цæсты бынтæ ахуылыдзысты. — Дохтыртæ дæр цæуылнæ, фæлæ милицимæ чи ныф- фæдис кодта, стæй лæппупы ардæм чи æрбахæццæ код- 11* 161
та, æппæтæй раздæр уыцы чызг у йæ ирвæзынгæнæг. Æмæ йæ зонгæ уæддæр куы кæниккам, зонгæ, уæд ын, æппын ницы, фæлæ бузныг уæддæр зæгъиккам, — дзырд- та Хъæссæй æмæ мæм фæрсæджы каст бакодта. Мæнæн та ногæй мæ хъустыл ауади уыцы чызджы фæдисхъæр, „амардтой йæ!", зæгъгæ. Афтæ мæм касти, цыма уыцы хъæлæс бирæ хæттыты фехъуыстон, фæлæ йе ’рымысып мæ къухы не ’фтыди. — Кæд нæ амæлон, уæд ссардзынæн мæ хъæбулы ирвæзынгæнæджы æмæ йын мæ уд йæ дзыхы атъыс- дзынæн, — йæ бынатæй фестгæйæ та загъта гыцци, æмæ фæстæмæ бапдоныл йæхи фæллады уагъд æркодта. Исдуг абадтысты æнæдзургæйæ. Æппынфæстаг, ми- лицийы кусæг гæххæттытæ систа. Æввахс бабадти къуымгæрон æвæрд чысыл стъолмæ æмæ йæхи рацæт- тæ кодта цыдæр фыссыимæ. Куыд бтюæрстон, афтæ- мæи мæн фæрсыпмæ йæ гæрзтæ рабаста æмæ цæйдæр тыххæй ныккæрзыдта мæ зæрдæ: нæ мæ фæндыди, ныр- тæккæ мæ исчи рафæрс бафæрс кæна, уый. Мæхины- мæр бабæллыдтæн, ацы лæг йæ портфель йæ дæларм куы акæнид æмæ куы афардæг уаид, куынæ мæ хъыг- дарид. Гъе, æмæ цыма Хъæссæй мæ хъуыды бамбæрс- та, уыйау бахатыд милицийы кусæгмæ: — Дæ мад, дæ фыды хатырæй, лæппуйы ма батыхсын кæн. Мæлæты дзæмбытæй раирвæзти. Бакæс-ма, йæ цæсгомы туджы ’ртах нæма ис. Бауадз уал æй, йæ зæр- дæ «йе ’муд æрцæуа, стæй йæ фæрс, цас дæ фæнды, уый бæрц. 162
— 0,-дæ нывонд фæуон, о. Фæуадз уал æй. Рай- сом, иннæбонмæ кæд фæсæрæн уаид, — ныллæгъзтæ йын кодта гыцци дæр. — Дохтыр нын нæхи дæр фæдзæхс- гæ фæкæны, ма йæм дзурут, ма йæ тыхсын кæнут, зæгъгæ... — Цæй, хорз. Уæ фæнд фæуæд, — æвæндонæй сра* зы ис уый. — Уыцы фыдбылызы гуырдтæ нæ сæттынц сæ фыдракæндыл, фæлæ хъуыддаг иу бон фæфæстæ- дæр уыдзæн, уымæй ницы фесæфдзæни. Фыдгæнджытæ нæ къухы сты, никуыдæмуал аирвæздзысты. Æмæ, ра- джы уа, æви æрæджы, уæддæр сæхи дзыхæй радзур- дзысты æппæт дæр, басæтдзысты сæ фыдракæндыл... „Фыдгæнджытæ!" — мæхинымæр загътон æз. Мæ зæр- дыл та æрбалæууыдысты Бæбийы ардауæн пыхæстæ — „Цæвут æй!.. „Амарут æй!" Æмæ мæм хылы рæстæг Бæби кæд æввахс не ’рбацыди, йе ’нгуылдз дæр мыл нæ ауади, уæддæр мæм афтæ фæкасти, цыма уыцы хъуыддаджы уый Хазби æмæ Будзийæ фылдæр аххос- джын у. Хазби æмæ Будзийы кæй æрцахстой, уый бæлвырд уыди милицийы кусæджы ныхасæй. Фæлæ Бæбийы дæр æрцахстой, æви нæ, уый бæрæг нæма уыди. Æрмæст мæ цæйдæр тыххæй фидарæй уырныдта, уый дæр ахст кæй у. „Æнæмæнг ахæстоны ис Бæби’ дæр. Ау, „ама- рут æй, амарут æй!" уый куы хъæр кодта, Будзимæ кард уый куы авæрдта, уæд æй куьшнæ хъуамæ æр- цахстаиккой?" Мæ мидхъуыдыты фестадтæн тæрхондоны агъуыс- 163
ты, дыууæ азы размæ мæ иу хатт Хазби æмæ Будзи кæм балæууын кодтой, уым. Цыма уыцы стыр уат йæ тæккæдзаг у адæмæй. Уым сты не скъолайы директор æмæ йæ бинойнаг — математикæйы ахуыргæнæг дæр. Ба- дынц сæргуыбырæй. Кæуынц ставд цæссыгæй. Сæ бы- нæттæй сыстадысты. Мæ разы æрлæууыдысты. Лæгъз- тæ мын байдыдтой: „Ма нæ фесаф, ма бабын кæн нæ иунæг хъæбулы". Уым сты гыццн æмæ Хъæссæй, стæй Аслæнджери, ме ’мбал кусджытæ, бирæ æндæр зон- гæтæ. Уæртæ рæбынæй бæрзонд ран бадынц, стъолы фарс-х мæ, тæрхоны лæгтæ. Цалдæр милиционеры æрбакодтой Хазби, Будзи æмæ Бæбийы. Фыдгæнджытæн, цыма, сæ къухтæ уыдысты фæстæмæ баст. Сбадын сæ кодтой аххосджынты бандоныл. Гæрзифтонгæй сæ уæлхъус æрлæууыдысты милиционертæ. Райдыдтой сыл тæрхон кæнын. Адæм, цыма, фæйнæрдыгæй райдыдтой хъæр кæнын: „Фехсын сæ хъæуы! Æрцауындзын сæ хъæуы!" Цæйдæр тыххæй мæм растдæр касти се ’рцауын- дзын. „Уадз æмæ ауыгъдæй баззайой цалдæр боны, цæ- мæй сæ æнæмæнг феной горæты лæппутæ се ’ппæт дæр æмæ æвзæр митæ кæнын мауал уæндой". Ахæм хъуыдытæгæнгæ куыд бафынæй дæн, уый нæ бафиппайдтон, фыны дæр уыдтои, ме знæгтыл куыд тæрхон кодтой, уый. Æппынфæстаг, цыма, тæрхондоны сæрдар расидти, зæгъгæ, аххосджынтæн се ’ртæйæн дæр’ тæрхондон аскъуыддзаг кодта æхст. Стæй, цыма, радзырдта милиционертæм: 164
„Акæнут сæ! Инал дæр ацæудзæн уемæ. Хъуамæ сæ уый йæхæдæг амара, æрмæст æм сымах ратдзыстут хæцæнгарз". Æз, цыма, хъæр кæиын райдыдтон: „Æз сæ нæ амардзынæн! Ма сæ амарут, тæригъæд сты, чи зоны сæ хорз лæгтæ рауайа. Ауадзут сæ..." Æмæ мæ куы- иæ хъуыстой, уæд кæуын райдыдтон. Мæхи кæуынмæ райхъал дæн, æви фынæйæ мæ хъæдгом фæцагайдтон æмæ мæ йæ рыст райхъал код- та, уый нал хъуыды кæнын. Фырадæргæй хид лæсæнтæ кодта мæ цæсгомыл, мæ буарыл. Ох, куыд амондджын уыдтæн, уыцы æвирхъау хабар хъалы нæ, фæлæ ’рмæст фыны кæй федтон, уый тых- хæй. Фыдфыны фæстæ мæ зæрдæ ме ’муд куы ’рцыди, ме ’фсæрты къæдзтæ сæ ризынæй куы банцадысты, уæд ахъахъхъæдтон мæ алфæмблайы æмæ дзы нал дæр ми- лицийы кусæгыл схæцыди мæ цæст, нал дæр гыцци æмæ Хъæссæйыл. Ногæй та мæ сбырстой æнкъард хæццæ- мæццæ хъуыдытæ. Цæйдæр тыххæй мæ зæрдыл æрлæу- уыди Зæлинæ. Тынг мæ бафæндыди йæ фенын. Æвæ- дза йæ уый агъоммæ дæр рагæй нал федтон. Уый ахуыр кодта, раздæр цы скъолайы уыдыстæм, уым æмæ уымæй дæр скъоламæ цыди райсом раджы. Æз та бон кусгæ кодтон, изæрæй та — ахуыр. Афтæмæй ма кæд æмæ кæм хъуамæ федтаиккам кæрæдзи? Йæ фенын мæ тынг фæндыди. Иу хатт ма йæм сæ хæдзармæ дæр фæ- цыдтæн, фæлæ сæ кулдуармæ куы баввахс дæн, уæд 165
мæ ныфс нал бахастон. „Йæхæдæг, кæнæ мæ йæ мад куы бафæрса, цы дæ хъæуы, цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ, зæгъæ, уæд цы дзуапп радтаин, уый æры- мысын мæ бон нæ баци æмæ æнкъард, сæргуыбырæй раздæхтæн фæстæмæ. Афтæ мæм касти, зæгъгæ, ныр- тæккæ Зæлинæ къæсæрæй æрбахызти, уæд мæ низ æр- байсæфид, æваст, адзæбæх уаин. Мæ хъустыл та ауади, уыцы изæр милиционеры къуыззитты хæдразмæ цы чызджы фæдисхъæр райхъуыс- ти, „амардтой йæ", зæгъæ, уый хъæлæс. Æрмæст ныр хъæр нæ кодта, фæлæ цыма кæимæдæр ныхас кæны æввахс кæмдæр. Суанг ма тыхамæлттæй мæхиуыл дæр схæцыдтæн бæстондæр айхъусыны тыххæй, мæ улæфт дæр ма ныуурæдтон, фæлæ... „Чи уыди уыцы чызг, мæ ирвæзынгæнæг? — хъуыды кодтон мæхинымæры. КуьГйæ базонин, уæд ын, гыццийы загъдау, мæ уд дæр нæ ба- хæлæг кæнин... Фæлæу-ма, фæлæу! Кæд ма исты зо- нын, уæд уый Зæлинæйы хъæлæсы хуызæн уыди, цъæх- снаг, æндонау, зæлланггæнаг. Æнæмæнг уый хъæлæсы хуызæн уыди. Тæхуды, гыцци йæ уд кæй дзыхы атъыс- сынмæ хъавы, мæхицæн дзы хъæбул скæнин, зæгъгæ, кæмæй дзуры, уый Зæлинæ куы разынид! Эх, куыд хорз уаид уæд! Мæ цæрæнбонты дæр ын уыцы хорз- дзинад фидин". Æвæццæгæн, тынг бафæлладтæн, æмæ та бафынæй дæн, Æрмæст мæ фынæйæ дæр нæ ныууагътой хъуы- дытæ, мæ бæллицтæ. Мæ миддунейæ хъуыстон кæйдæр сабыр ныхас. Архайдтон мæхи райхъал кæныныл, мæ •166
цæстæй ракæсыныл, фæлæ мын не ’нтысти. Стæй, æппын- фæстаг, куы ракастæн, уæд та мæ цæстытыл нал æу- у&ндыдтæн, хъуыддаг мæм фынфенæгау касти: мæ сын- ^æджы раз бадтысты Зæлинæ æмæ Æхсар. Сæ цымы- Дис цæстæнгас скодтой ме ’рдæм нæ, фæлæ палатæйы дуары ’рдæм, цыма рагæй кæй фендмæ бæллыдысты, уый фæзындмæ ’нхъæлмæ кастысты. I Бæстондæр ныккастæн, мæ разы цы чызг æмæ лæп- пу бадт, уыдонмæ. Нæ мæ уырныдта,., чысыл раздæр афтæ тынг кæй фендмæ бæллыдтæн, уый мæм йæхæ- дæг æрбацыди, мæ разы бады. Æваст мæ æрбайрох мæ фæсоны рыст. Хъавыдтæн фестынмæ, сынтæгæй расæр- рæтт кæиынмæ, Зæлинæйы ахъæбыс кæнынмæ. Фæлæ куыддæр фезмæлыдтæн, мæхиуыл схæцыдтæн, афтæ мæ хъæрзын нал баурæдтон. Ме ’нæпхъæлæджы уаз- джытæ сæ бадæнтæй фестадысты. Зæлинæ мæм йæхи ’рбаппæрста, мæ сæр мын йæ хъæбысы æрбакодта. Йæ хъарм цæссыгтæ ’рызгъæлдысты мæ уадултыл. Æхсар аххосджыны лæуд кодта æддæуæз æмæ тыхст хуызæй касти, йæ цæсты хаутæ тагъд-тагъд тъæбæрттгæнгæйæ. — Цæуыл кæуыс, Зæлинæ, нырма удæгас куы дæн? — мæ рыст уромгæйæ æмæ мæхи тыххъæлдзæг кæнгæ- йæ, загътон æз. — Цары фиу, уæ амонд — иу! — йæ цæсгом фæрухси, афтæмæй æрбадзырдта Æхсар æмæ ныххудти. — Æз дæр ын ныр дыууæ боны афтæ дзурын, зæгъын, тæрсгæ йын ма кæн, куыдз къуылыхæй нæ мæлы. Фæлæ уый уæддæр тъизы æмæ йæ цæссыгтæ лæмары. 167
— Ацу, куыйтæ дын дæ цæстытæ бахæрæит, кæд цытæ дзурыс рыпчып лæппуйæп, — сбустæ пыл кодга Зæлинæ, æмæ йæм тызмæг цæстæпгас базылдта. Цыдæр уайдзæфы ныхас зæгъынмæ ма йын хъавыди, фæлæ на> хиуыл фæхæцыди æмæ йæ цæстæнгас скодта уаты и^ фисынмæ. — Тынг риссы дæ цæф? — тыхстæй мæ афарста Зæли нæ æмæ йæ фæлмæн армытъæпæн авæрдта мæ ныхыл — Уæртæ дын Æхсар куы загъта, куыдз къуылыхæч иæ мæлы, зæгъгæ, — Зæлинæйы фарстæи дзуапп радт тыны бæсты загътон æз. — Æхсар сæрхъæн у æмæ сæрхъæны ныхæстæ кæ- ны, фæлæ дæ æз æцæг фæрсын. — Ныры уонг тынг рысти, фæлæ абон фæсабыр ис. Рæхджы, æвæццæгæн, бынтондæр ныхъхъус уыдзæни, — зæрдæтæ æвæрдтон чызгæн, мæ фæсоны рыст тых- амæлттæй уромгæйæ, стæй йæм фæрсæджы каст бакод- тон. — Цыдæр зæгъын дæ фæнды, Инал, — сдзырдта та Зæлинæ. — Будзи мæ кардæй куы ныццавта, уæд цавæрдæр чызджы фæдисхъæр ауади мæ хъустыл. Чи зоны мæ маргæ дæр акодтаиккой, фæлæ мæ уыцы чызг фер- вæзын кодта. Гъе, æмæ чи у мæ ирвæзынгæнæг, уый базонын мæ тынг фæнды, фæлæ мæ бон пæу йе ссарын. Ды ’ницы фехъуыстай? Чызг куыддæр фæджихи, Æхсарæн цæстæй цыдæр ацамыдта, стæй йæ лыстæг æнгуылдзтæ авæрдта йæ был- 168
тыл, ома мацы зæгъ. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, ба- фпппайдтоп уыцы хъуыддаг. Дызæрдыг нал кодтон, гыц- ци æмæ Хъæссæй афтæ æнувыдæй кæй агурынц, уый мæпæ мæ разы кæй ис. Фæлæ цыма пицы бамбæрстон, афтæ дардтон мæхи. — Цæй чызджы кой кæныс, цæ? — дисгæнгæ мæ афа- рста Зæлинæ. Æз ын бæстон радзырдтон хъуыддаг. Бирæ йæ фæ- ракъах-бакъах кодтон. Зæлинæйы хъæлæсы хуызæн мæм кæй фæкасти, суанг ма йын уый дæр загътон. Фæлæ нæй! Къæрттæй-цъулайæ дзы ницы хауди. „Æз нæ уыд- тæи, уыцы изæр нæ хæдзарæй кæртмæ дæр нæ рахыз- тæн",— уыди йæ дзуапп. Æрыпкъард кодта йæхи. Исдуг æнæдзургæйæ абадыны фæстæ, цыма цыдæр æхсызгондзинад æрбалæууыд йæ зæрдыл, уыйау æваст фæрухси Зæлинæйы цæсгом. Цæхгæр фæзылди ме ’рдæм æмæ хъæлдзæгæй загъта: —- Инал! Де знæгтæй сæ иуæн йæ тыппыр былтæ хорз барæстытæ кодта Æхсар, — ныххудти Зæлинæ æмæ бузныджы цæстæй бакасти лæппумæ. — Йæ цæргæсы бырынчъы хуызæн фындзы сырх, æвæццæгæн, пырма дæр кæлы, цыхцырæгау. — Цавæр знæгтæ, былтæ æмæ фындзы кой кæныс, Зæлинæ, куыпæ дæ ’мбарын? — бафарстон æй æз. — Уый мæн дзæгъæлы сæрхъæн хоны, Инал, фæлæ йæхæдæг æдылы ныхæстæ райдыдта. Ма йæм хъус. Æз фындзтæ æмæ былтæ рæстгæнæг куы уаин, уæд уал мæхиуæттæм æркæсип, — худгæйæ сдзырдта Æхсар æмæ 169
ныхас æндæрырдæм фæзилыныл бацархайдта. Фæлæ та Зæлинæ йæ разæй фæци: — Не скъолайы дæ „хæлæрттæй" æппæтæй стард- дæр былтæ æмæ цыргъдæр фындз кæмæи ис, уый нæ зоныс? Ахъуыды ма кæн. Æз хъуыдыты аныгъуылдтæн: „Чи у уыцы ставд- былджын^æмæ цыргъфындзджын?.." Фæлæ дзы ахæм нæ ардтон. — Уæд та, Хазби æмæ Будзи дæ разы куы бамбæхс- тысты, демæ хыл кæнын куы райдыдтой, уæд сын „ама- рут æй, амарут æй" чи дзырдта, уый дæр нал хъуыды кæныс? — срæдыди чызг æмæ асырхи йæ цæсгом. — Æмæ сымах цæмæй зонут, хылы рæстæджы ма Хазби æмæ Будзийæ дарддæр уым исчи уыди, уый? Чи нæ федта? — бафарстон та йæ. Чызджы цæсгом ноджы тынгдæр асырхи. Йæ къæх- ты бынмæ ныккасти æмæ тыхстæй хъуыды кодта цæуыл- дæр. — Цы чызг дæ федта, фæдис чи ныхъхъæр кодта, уый мын дзырдта, — фæдфæливыны охыл загъта Зæлинæ. — Æмæ чи уыди уыцы чызг? — Нæ йæ зонын. Фыццаг хатт æй федтон... —■ Раст нæ дзурыс, Зæлинæ, — йæ ныхас ын фæлыг кодта Æхсар. — Бауырнæд дæ, Инал, мæхи цæстæй федтон, Æх- сар Бæбийы куыд надта доны был, стæй Бæби йæ фын- дзы туг куыд æхсадта, уый. Йæ былтæ йын цыма исчи дымгæ ныккодта, афтæ йын ныннæрстысты. Стæй йæ 170
ноджы бафæдзæхста: „Сар мын дæ къона кæны, дæ дзыхæй сыбыртт куы схауа, дæ мад, кæнæ дæ фыдæн исты куы зæгъай, уæд дæ удæгас нал ныууадздзыс- тæм. Зон, æз иунæг кæй нæ дæн, бирæ ’мбæлттæ мын ис". — Æмæ йæ цæмæн фæнадтай, Æхсар? Исты дæ ба- хъыгдардта? — бафарстон æй æз. Уый мæм уайдзæфы цæстæнгасæй æрбакасти. — Цымæ куыд æнхъæл дæ, Хазби æмæ Будзи демæ куы хыл кодтой, уæд сын афтæ куы дзырдта „амарут æй", зæгъгæ, уæд уый дæуы йедтæмæ никæмæ хауы? — Цæмæй йæ зоныс? Федтай йæ, фехъуыстай, куыд сæ ардыдта, уый? — бадис кодтон æз. — Куы сæ федтаин, дæу куыд мардтой, уый, уæд сæм дардæй нæ кастаин. Фæлæ сæ чи федта, чи фехъуыста, уый мын радзырдта æппæт дæр. — Чи сæ федта? Чи дын радзырдта? — Мæнæ Зæлинæ. Милицимæ дæр уый фæфæдис. Будзи дæ Бæбийы кардæй кæй ныццавта, уый та йæхæ- дæг’радзырдта милицийы. Стæй йыл Бæби дæр басас ти... Ныр Зæлинæ дæр дзурынмæ фæци. Куыд радзырд- та, афтæмæй мæ Хазби æмæ Будзи куы надтой, хыл йæ тæккæ тæмæны куы бацыди, уæд ууылты рацæйцыды- сты Зæлинæ æмæ иу æндæр чызг. Хазби æмæ Будзийы базыдтой, фæлæ кæй нæмынц, уый бæрæг нæ уыди, цалынмæ хъæр фехъуыстой, уæдмæ. — Фехъуыстон, хæмхудджын Бæби куыд хъæр кодта, куыд сæ ардыдта, уый дæр. Демæ хыл кæнынц, уый 171
куы базыдтон, уæд фæцæйзгъордтон дæуæн баххуыс- мæ, фæлæ мыл Заремæ ’рцауындзæги, мах, дам, ын ницы баххуыс кæндзыстæм. Æмæ уæд ныхъхъæр кодтон, тн- гъыл цы милиционеры федтон лæугæ, уымæ, — аххос- джыны хъæлæсы уагæй райдыдта уый æмæ йæ цæсты бынтæ асæрфта. — Афтæ ма фенхъæл, ома хулигантæй фæтарстæн. Мæнæй раздæр дæм ничй æрхæццæ ис, фæ- лæ дæ цуры ничиуал уыди. Эх, уым сæ куы баййæф- таин, уæд сæ кæрæдзийыл ацамадтаин уыцы мæстæй, — бартхъирæн сæм кодта Зæлинæ æмæ ма йæ гыццыл къух дæр батылдта. — Æз дæ мард фенхъæлдтон æмæ скуыд- тои... Рынчындонмæ дæр дæ мах бахæццæ кодтам — æз, милиционер, стæй ма ноджы чидæртæ... Бафæндыди мæ Зæлинæйæн бирæ арфæтæ, стыр бузныджы ныхас зæгъын, фæлæ мæ къухы не ’фтыди уый аккаг тыхджын æмæ рæсугъд дзырдтæ ссарын. Тыхстæн, мæсты кодтон мæ къуымых æвзагмæ, мæ цы- быр зондмæ. ...Къæсæрыл æрбалæууыди иу бæзæрхыгарæзт, ацæр- гæ сылгоймаг урс халаты мидæг. Уайдзæфгæнæджы ’нкъуыст бакодта йæ халас сæр. — Æгæр бирæ бадут, мæ хъæбултæ. Бафæллайын кодтат рынчын лæппуйы. Дохтыр хæцдзæнис сымахмæ дæр æмæ мæнмæ дæр, — рæвдаугæ хъæлæсæй бадзырд- та Зæлинæ æмæ Æхсармæ. Æмæ та афтид зæрдæимæ баззадтæн, Зæлинæ куы ацыди, уæд. Ногæй та мæ сбырстой мæ уæззау хъуы- дытæ. Иугай-дыгай мæ сæрмæ æмбырд кæнын байдыд- 172
той, афтæ ’нувыдæй кæй агуырдтон Зæлинæйæн зæгъы- ны тыххæй, уыцы дзырдтæ, сæ иуæй иннæ рæсугъд- дæр, сæ иуæй иннæ тыхджыыдæр, æрцауындзæг сты ме ’взаджы цъуппыл, фæлæ сæ кæмæн бахуын кодтаин, ныр та уый нал уыди. * — Цы фæдæ, Инал? Ам ма бирæ ратул-батул кæн- дзынæ де ’рагъы нуæрттыл? Паддзахады къæбæртæ ма лæвар бирæ хæрдзынæ? — палатæйы къæсæрæй мæм хъæлдзæгæй æрбадзырдта Аслæпджери. Цæмæй зыдта, ме ’рагъы нуæрттыл ратул-батул нæ, фæлæ мын уæл- гоммæ æрхуыссæн бынтондæр нæ уыди: фылдæр хуыс- сыдтæн дæлгоммæ, науæд та мæ галиу фарсыл (цæф мæ рахиз фæсон уыди). Сырдтон цъиутæ истæмæй куы фæтæрсынц æмæ уы- дон куыд спæр-пæр кæныиц, афтæ апæррæст кодтой ме ’нкъард хъуыдытæ дæр æмæ кæмдæр амбæхстысты. — Дæ хорзæхæй, ды дæр та бирæ бадыныл, дæргъ- вæтин ныхасыл ма схæц. Иудадзыг æм цæуынц æмæ цæуынц. Сфæлмæцыди рынчын лæппу. Дохтыр загъд кæны, — Аслæнджерийы фарсмæ æрбалæууыди æмæ йæ карзæй бафæдзæхста, чысыл раздæр Зæлинæ æмæ Æхсары мæ цурæй, сурæгау, чи акодта, уыцы сыл- гоймаг, стæй цæхгæр фæзылди æмæ кæдæмдæр атын- дзыдга. Аслæнджери ахæм хæдзардзин цæстæнгас ахаста 173
къаннæг уаты къуымты, раст æй цыма балхæнынмæ хъавыди. Æппынфæстаг, йæ цæстæнгас æрурæдта, мæ нывæрзæн цы гыццыл баз уыди, ууыл, суанг ма йæ уырзтæй дæр асгæрста. Мæсты æнкъуыст бакодта йæ сæр, æртхъирæнгæнæджы здыхт акодта йæ урсхæццæ рихитæ. — Хуыцау сын ма пыххатыр кæнæд, Инал, дæу чи бафхæрдта, уыдонæн, —■ сдзырдта Аслæнджери. — Хуы- цауы бон сын, æвæдза, пицы у, фæлæ сын нæ ныхха- тыр кæндзæни рæстæвзарæн, тæрхонцон... цæй, цы хуызæн дæ, мæ хур? Ам ма бирæ афæстиат уыдзынæ? Мæхæдæг дæр пæ зыдтон, цас баззайдзынæн рын- чындоны, кæд сдзæбæх уыдзынæн, уый æмæ Аслæн- джерийæн цы хъуамæ загътаин? Мæн куыд фæндыди, афтæ куы уыдаид хъуыддаг, уæд ныртæккæ дæр бæр- гæ фестадаин æмæ афардæг уыдаин ’нæхимæ, фæлæ... Мæ зæрдæ тынг æхсайдта заводмæ, мæ куыстмæ, скъо- ламæ. „Ме ’мбæлтты фæсте баззайдзынæн куысты дæр æмæ ахуыры дæр!" — бакатай кодтон мæхинымæр. Ас- лæнджери, æвæццæгæи, мæ цæсгомы уагæй бамбæрста, цæуыл тыхсын, уый æмæ батагъд кодта мæн æрсабыр кæныныл: — Уый дæ афтæ афарстон, Инал, æндæра тагъд кæй адзæбæх уыдзынæ, уый зонын, дохтыр мын загъта... Куысты дæр æнæ дæу ницы фесæфдзæн. Де ’мбæлттæ ацы хабар куы фехъуыстой, уæд фембырд сты æмæ бауьшаффæ кодтой, цæмæй сæхи фæллойадон хæслæ- вæрдтæ дæр уæлдайджынтæй æххæст кæной, æмæ дæ 174
нормæ дæр. Æрмæст дæхимæ дзæбæх кæс, æххæст кæн, дохтыр дын цы дзуры, цы дæ домы, уыдон. Уæд бынтон тагъд адзæбæх уыдзынæ. Аслæнджери ныхъхъуси. Цавæрдæр хъуыдыйы арф фæд йæ цæсгомыл фæзынди. Афтæ мæм фæкасти, цы- ма йæ фæтæн ныхыл цы зылын-мылын ссывтытæ уыди, уыдон ноджы фæфылдæрсты. Стæйæваст куыддæрфæ- рухси йæ цæсгом... Цæуылдæр бахудти йæ мидбылты. Стæй фестади, мæ размæ ’рбайста, къуымгæрон цы гыццыл стъол уыди, уый æмæ хызынæй исын райдыдта алыгъуызон хæринæгтæ. Суанг ма дзы къаффетты къан- пæг тыхтон дæр уыди. — Афтид ныхас æмæ арфæтæй рынчын тагъд нæ дзæбæх кæны, фæлæ исты ахæр, мæ хур. Хæринаг зæрдæ нæ уагъта. Ныртæккæ бахордтон, зæгъын, æфсæнттæ кæныныл схæцыдтæн, фæлæ мæ Аслæнджери кæм ныууагътаид. Æппæтæй хæрзаддæр мæм фæкастысты уыцы рæсугъд сырхфарс фæткъуы- тæ. — Иу фæнд мæм ис, Инал, кæд ыл сразы уай, уæд, — хæринæгтæ бафснайыны фæстæ мын ахæм ныл- лæг хъæлæсæй загъта Аслæнджери, цыма мын цы фæнд зæгъынмæ хъавыди, уый ма исчи куы фехъуса, уымæй тарсти. — Сæниат æмæ Хъæссæйыл фембæлдтæн уынджы. Мæ мард фен, Инал, ахæм фæллад сты, ахæм, æмæ ма сæ къæхтыл æнæбары цæуынц. Бафæлладыс- ты, мæ хур, тынг бафæлладысты ныр уал æхсæв æмæ бон дæ разы, цырагъау, лæууынæй, æххормаг, æнæ- 175
хуыссæгæй... Сæниат дæ мад у. Уый дыл тыхсы, мæт кæны, кæй зæгъын æй хъæуы. Хъæссæй та дын ницы бавæййы. Лхъуыды ма кæн, дæ хæстæг, дæ хион нæу, афтæмæй... Аслæпджери цæйдæр тыххæй фæлыг кодта пæ ны- хас, цыма дарддæр цы зæгъинаг уыди, уый дзы æрбай- рохи æмæ йе ’рымысыныл архайдта, ахæм каст кодта уа- ты иу къуыммæ. „Хъæссæй дын ницы бавæппы... бынтоп дæрддаг, æцæгæлон дын у\ — Аслæнджерийы уыцы дзырдтæ, хъамайы уазал бырынкъау, аиыхстысты мæ зæрдæйы. Мæ сурхид акалди фырмæстæй, фæлæ йæм ’ргом сдзу- рын пæ бафæрæзтон. — Ау, Хъæссæйæ хæлардæр адæймаг мып куынæ ис а-дунейы, гыццийæ уый къаддæр куынæ уарзып, цыма æцæг нæ фыд у, афтæ куы рæвдауы мæн дæр æмæ За- риффæйы дæр, тыхст заманы æппæтæй раздæр уып куы ’рбалæууы нæ уæлхъус, уæд мын куыд „ницы бавæй- йы?" Уæдæ ма чи у мæ хæстæг, мæ хиоп? Гыццийы иунæг æфсымæр Алихан? Мæ цæрæибоиты кæй никуы федтон æмæ мæ чи никуы федта, уыцы мады ’фсымæр? Нана мын дзырдта кæддæр, зæгъгæ, Алихан, нана- йы иупæг фырт, раджы кæддæр, иу фынддæс азы раз- мæ, йæхи дарынхъом куы фæци, уæд кæдæмдæр афар- дæги. Ус ракуырдта æмæ уæдæй нырмæ уым кусы æмæ царды дзæбæхæй цæры. Быптон ферох кодта канд йæ’иунæг хойы — гыццийы, мæн æмæ Зариффæйы пæ, фæлæ ма йæ ныййарæг мады дæр. Суанг ма нæ 176
фыд куы амарди, уæддæр нæм пе ’рцыди. Кæддæр æм нана уынынмæ фæцыди, мæгуыр. Хуыы аласта, йæ къух цас амыдта, уый бæрц. Æрмæст сæм иунæг æхсæв сбоп кодта. Стæй йæ сæумæраджы фестын кодта йæ буц- хаст фырт, нæ фатер къуындæг у, дыууæ уаты æмæ хæринаггæнæн ныи пæ фаг кæпынц, æмæ дын поездмæ ма байрæджы уæд, зæгъгæ. Æгæрыстæмæй йæ мадæн билет балхæдтаид поездмæ, кæнæ йын фæндаггаг рат- таид, уый дæр дзы „ферохи". Уый нæ, фæлæ фарон пана куы амард, уæддæр пе ’рцыди... Цымæ уæдæ уый у мæ хæстæг, мæ хиуон, æмæ Хъæссæй та —æдтагон, æцæгæлон? Нæй, ам цыдæр раст иæ загъта Аслæп- джери, цыдæр рæдийы. — О, æмæ дын уый дзырдтоп, Инал, мæ хур: Хъалх- сæй уæ хæдзарæн туг хæстæг нæу, уый дыи мæ амо- пын нæ хъæуы. Фæлæ тынг æнувыд у уæ бинонтыл, уæлдайдæр та дæуыл. Дæхæдæг æм кастæ, дæ мады мад куы амарди, уæд цас лæггад фæкодта, цас хæрдз- тæ райста йæхимæ. Æмæ та ныр дæр, Сæниат куыд тыхсы дæуыл, куыд фыдæбон кæны, афтæ у Хъæссæй дæр. Æхсæв йæ хуыссæны пал æрхуыссыд. Йæ фæл- лад нал суагъта. Йæхираппар-баппар кæны куыстæй ар- дæм æмæ ардыгай та куысгмæ. Гъе, æмæ бафæллади, тынг бафæлладысты сæ дыууæ дæр. Æз сын загътон, цæмæй ацы æхсæв ардæм мауал æрцæуой. Уадз æмæ сæ фæллад суадзой. Дæ цуры æз абаддзынæн. Разы дæ? Ныр та мын æхсызгон уыди Аслæнджерийы ныхас, йе ’мкусджытæ — гыцци æмæ Хъæссæйыл афтæ кæ\\ 12* 177
мæт кæны, уый. Афтæ мæм фæкасти, цыма йæм ныр- тæккæ кæй фæцæймæсты кодтон, уый бафиппайдта æмæ мае, цæсгом сцæйсыгъди фырæфсæрмæй. —Бæргæ сразы уаин, фæлæ дæ райсом кусынмæ цæуын хъæуы. Ахсæв дæ фæллад куынæ суадзай, уæд дын зын уыдзæни. Уадз, уыдон дæр баулæфой æмæ ды дæр. Мæнæн иунæгæй дæр ницы у, саби куынæуал дæн, миййаг,—æфсæрмæй дзуагш радтон Аслæнджери- йæн, кæд мæ йæ ацыд быптондæр нæ фæндыди, уæд- дæр. Аслæнджери, цыма мæ ныхас нæ фехъуыста, уыйау та загъта: — Дохтыр дæр разы у мæ фæндоныл. Ахсæв ам ныллæууон, уый бар мын радта. Аслæнджери биноныгдæр æрбадти урс кæттаг- цъар къæлæтджыны, фæстæдзæг ауагъта йæхи æмæ дзурын райдыдта цыдæр худæджы хабæрттæ, хъæл- дзæг ныхæстæ. Æз æм хъуыстон цымыдисæй. Æцæг мын худын зын уыди, фæлæ кæм урæдтон мæхи. Фæс- тагмæ йæ ныхас рахызти заводмæ, сæйраджы та нæ цехы хабæрттæм. Дзырдта мын, мæ фæстæ нæ цехы ногæй цы ’рцыди, ме мбæлттæй йæ фæллойадон хæслæ- вæрдтæ чи куыд æххæст кæны, дарддæр сæм цы фæнд тæ, цы пълантæ ис, уыдоны фæдыл. Уæлдай лæмбынæг- дæр мын радзырдта, нæ цехы фæсивæдæй иукъорд милицимæ куыд бацыдысты, Хазби æмæ Будзийы фыд- ракæнды хъуыддæгтæ биноныгæй сбæрæг кæнын куыд- домдтой, уыдæттæ. 178
Æппынфæстаг та райдыдта Хъæссæйы кой., Æппæ- лыди дзы. Кæм та-иу æй æфхæргæ дæр акодта. Дзырд- та, зæгъгæ, уый йе ’ппæт тыхтæ, йе ’ппæт хъарутæ, йæ зонд, йæ арæхстдзинад иууылдæр радта заводы куыстæн. Иудадзыг, дам, хъуыды кæны, заводы æппæт цехты куыст дæр цы амæлттæй фæхуыздæр уа, ууыл. Æппынæдзух архайы кусджыты куысты уавæр- тæ фенцондæр кæныныл, сæ царды фадæттæ сын фæ- аивдæр кæныныл. Гъе, æмæ, дам, ын рæстæг пал баззади йæхи сæрмагонд цардыл ахъуыды кæнынæн. Чи зоны ма, дам, дзы рох дæр фæци, йæхи цард бынтоп æдзæл- лаг уавæрмæ кæй æрцыдн, уып. Ногæй, дам, аразииаг у Хъæссæйы цард, фæлæ йыл уый хъуыды дæр нæ кæны. Афтæмæй кæдмæ хъуамæ бафæраза?.. Хъæссæйы кой мын афтæ бппопыгæп цæмæн кодта Аслæпджери, уый пæма зыдтоп. Фæлæ пын цæйдæр тыххæй радзырдтоп, Хъæссæй йæ хæдзары æппæт куы- стытæ дæр йæхæдæг кæй кæпы. Иу хатт, нту æвæр- гæйæ, йæ дзыхъхъынпог хæлафы фадыг куыд басыгъ- та, стæй йæ мæстыйæ тыргъмæ куыд фсхста, суапг ма йын уыцы хабар дæр ракодтон æмæ схудтæп. Уып мæм уыйдзæфы цæстæнгас æрбазылдта. —Уый худын нæу, мæ хур. Уый æвзæр хабар у. Æмæ иунæг Хъæссæйы аххос нæу. Мах дæр дзы аххос- джын стæм. Ничи йын зæгъы, Хъæссæй, дæ цардæн исты сæрфат скæн, зæгъгæ. Æвæццæгæп ыл ппчи тых- сы, йæ мæт ничи кæны... Бон изæрмæ дæ сæр фæрис- сын кæн, ныффæллай. Уый фæстæ ’рцу æнæарт, æнæ- 179
фснайд, æдзæрæг фатермæ, æмæ та райдай хæдзары куыстытæ. Ныхас макæимæ ’скæн, дæ цин, дæ маст-кæ- мæн ракæнай, уый ма уæд дæ хæдзары. Цы хуызæн. цард у уый, дæ мад, дæ фыды хатырæй?! Æмæ иыр цал азы! Аслæпджери хъæрæн, хылгæнæджы хъæлæсы уагæй загъта уыцы фæстаг дзырдтæ. Тарстхуызæй къæ- сæрыл æрбалæууыди, чысыл раздæр æй афтæ карзæй чи бафæдзæхста, бирæ бадыиыл та-иу ма схæц ды дæр, зæгъгæ, уыцы урсхалатджын сылгоймаг. Цымыдисæй нæм иыккасти. Æз ма тæрсгæ дæр фæкодтон, Зæлинæ æмæ Æхсарау та мын Аслæпджерийы дæр дуары æдде куы фæкæна, уымæй. — Сабырдæр дзур, хорз лæг, пауæд дæ хъæр хъуы- сы рыпчындоны инмæ кæроимæ, — хæрз сабырæп загъта сылгоймаг æмæ фæстæмæ цæуыныл фæци. — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, — йæ фæдыл адзырдта Аслæнджери ахæм ныллæг хъæлæсæй, æмæ йæ ныхас уыцы сылгоймагмæ нæ, фæлæ мæпмæ дæр гæзæмæ рбайхъуысти. — Дæхæдæг куы зæгъыс, хæдзары мидæг сылгой- маджы куыстытæ цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр Хъæссæй йæхæдæг кæны, зæгъгæ. Гъе, æмæ ма ахуыды кæн, улæфыиæн, йæхи аирхæфсыпæн ма та кæцæй æр- хæсса рæстæг? — ногæй та райдыдта Аслæнджери. Æр- мæст ацы хатт дзырдта бынтон пыллæг, сабыр хъæлæ- сы уагæй. — Хъæссæй нæ хæдзары лыстæг митыл цы рæстæг сафы, уый куы хардз кæпид йæ фæлладуадзы- 180
ныл, чингуытæ, газзеттæ кæсыныл, йæхи ирхæфсыныл, уæд бирæ пайдадæр уаид йæхицæн дæр æмæ заводы куыстæн дæр... Æваст фæлыг кодта йæ ныхас æмæ мæм ахæм цæс- тæнгасæй æрбакасти, раст, цыма, Хъæссæйы сæрмагоид царды цыдæриддæр згъуыддзинæдтæ ис, уыдон иу- уылдæр мæн аххосæй афтæ рауадысты. — Æз ын цы хъуамæ зæгъон, цы ’мбарын? Фæлæ йын гыцци арæх фæдзуры, куы та йын уайдзæфтæ дæр бакæны, цæуылнæ исты пълан кæныс дæ хæдзары цар- дæн, зæгъгæ, фæлæ... — загътон æз цыма мæхи раст кодтон, ахæм хъæлæсы уагæй. Аслæнджри мæм цымы- дисæй æрбакасти, стæй йæ армытъæпæнтæ быцæу авæрдта æфсæры къæдзмæ. Цæуылдæр ныхъхъуыды кодта. „Гыццийы кой кæй ракодтон, уый мын, æвæццæгæн, æнæбынат ныхас рауади æмæ Аслæнджери та æнæбы- нат ныхæстæ нæ уарзы. Нана-иу, æвæццæгæн, уымæн афтæ дзырдта, дзырд, дам, цалынмæ зæгъай, уæдмæ йæм хъуамæ авдæрдыгæй æркæсай, ахъуыды йыл кæнай, сбарай йæ, науæд дын, куырмы топпæхстау, сæмбæл- дзæни, кæм не ’мбæлы, ахæм ран", — мæхинымæр загъд кодтон мæхиимæ. Мæ цæсгом нал хъæцыди Аслæи- джеримæ бакæсын. Исдуг афтæ бадтыстæм æнæдзургæйæ. Алчи дæр нæ кодта, æрмæст йæхæдæг кæй æмбæрста, уыцы хъуыдытæ. —Дзырд мын радт, Инал, кæй мæм нæ фæхæрам 181
уыдзынæ, уый тыххæй, æмæ дын мæ сусæг хъуыдьь тæй иу раргом кæнон, — цавæрдæр къæмдзæстыг хъæ- лæсæй мæм æрбадзырдта Аслæнджери. — Афтæ мæм кæ- сы, цыма мæ уыцы хъуыды куы сæххæст кæнин, уæд стыр пайда уаид æппæтæй раздæр уæ чысыл биионтæн. Дисы бафтыдтæн, зæгъын, ацы хæларзæрдæ лæгмæ цæмæй фæхæрам уон, ахæмæй мып цы хъуамæ зæгъа. Уымæй дæр кæд нæ хæдзарæн, нæ „чысыл бинонтæн" пайдайы хъуыддаг у, уæд. Мæ хъуыды фергом кодтон Аслæнджерийæн. — Дæуæн, Сæниатæн, стæй дæ гыццыл хойæн мæ бирæ хорздзинæдтæ кæй фæнды, ууыл хъуамæ гуырыс- хо ма кæнай. Зонын, мæхи дыууæ цæстæй уынын, Сæ- ниат уал азы дæргъы заводы цас тых, цас хъарутæ хардз кæны, уый. Уæлдайдæр та, дæ фыд куынæуал ис, уæдæй нырмæ. Стæй уыимæ сывæллæттæ хъомыл кæны иунæгæй, æнæискæй æххуысæй. Тыхсы, фæллайы. Æз æй куы зонын, уæдæй нырмæ иунæг мæй йæ фæллад никуыма суагъта. Адæймагау йæхи никуы аирхæфста, идæдз куы баззади, уæдæй абоны онг. Цæмæн? Нæ йæ фæнды? Йæхи пæ уарзы? Фæнды йæ, мæ хур, тынг æй фæнды, стæй йæхи чи пæ уарзы, æвæццæгæи, зæх- хы къорийыл иунæг ахæм адæймаг нæ разындзæни. Фæлæ-иу нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой, дæ уат, дам, куыд амоны, афтæ адаргъ кæп дæ къæхтæ дæр. Ома дæ, фадæттæ куыд сты, афтæ кæн дæ хъуыддæгтæ. Цал æмæ йын цал хатты лæвæрдтам путевкæтæ курортмæ, фæлæ нын никуы сразы ис. Путевкæ, дам, 182
мын лæвар кæй дæттут, уый тыххæй, дам, бузныг, фæлæ, дам, мæ сидзæр сывæллæтты цухæй æмæ иунæ- гæй ныууадзон, мæхæдæг мæ зæрдæйы фæндиаг рæс- тæг арвитон курорты, уый, дам, мæ бон нæу. Сæниаты хуызæн мæдтæ арæх не сты. Уый йæ ’рыгон цард æнæхъæнæй снывонд кодта йæ сывæллæт- тæн, дæу æмæ дæ хойæн. Аслæнджери гыццийы тыххæй цыдæриддæр дзырд- та, æрмæст путевкæтæй фæстæмæ, уыдон мæхæдæг дæр зыдтон. Зыдтон, мæ мад йæ дыууæ цонджы фæл- лойæ кæй дардта мæн æмæ Зариффæйы, стæй нанайы дæр, цас фыдæбон æмæ удхар кодта, цас маст æмæ зындзинæдтæ æвзæрста, уыдон. Æрмæст ын цы мæсты- тæ бавзарын кодтон, уыдон сæхæдæг кæуылты уы- дысты. Фæлæ уыдоп раджы уыдысты, Уæдæй пырмæ, цыма æппæт дæр нывыл цæуы. Судзины быны бæрц маст ын никуыуал бауагътон йæ зæрдæйы, æппæт амæлт- тæй дæр архайдтон, цæмæй гыццийæн æицон уа. Заво- ды кусын куы райдыдтон, уæдæй абонмæ цы чысыл мызд исын, уый йæм æнæхъæнæй раттын. Йæ алы дзырд, йæ алы фæндон ын æххæст кæнын æнæуæлдай сыбырттæй. Мæнæ ацы фæстаг маст æмæ фыдæбон та мæн аххосæй нæ уыди... „Цæмæн мæ азымы дары Аслæнцжери? Цæмæн мын уайдзæфтæ кæны?" — фарстон мæхи, фæлæ мæ фарсты- тæн дзуапп пæ ардтон, æмæ уый тыххæй >æлдгй тынг- дæр тыхстæн. — Заводы кусын куы райдыдтай, Инал, уæдæй фæс- 183
тæмæ бирæ фенцондæр ис Сæниатæн. Йæ сæрыл уæ- лæмæ схæцыди, стыр ныфс бацыди йæ фæллад уæнг- ты, йæ зæрдæйы, фæцухи йæ бирæ маст æмæ мæтæй, фæхæрзхуыздæр ис. Афтæ мæм кæсы, цыма йæ азтæй иудзæвгар ахауди, ферыгондæр ис. Æмæ уый не ’ппæ- тæн дæр æхсызгон у, цыма мæ хъуыды бамбæрста, уыйау дзырдта Аслæнджери, — Сæниат пыртæккæ разы у йæ цардæй. Арæх дæ феппæлы. Фæлæ уæд- дæр... — Æз та йын цас æххуыс кæнын, фæлæ сæйраг æх- хуысгæнæг Хъæссæй у. Уый нæм тынг дары йæ хъус. Раст цыма нæ фыд у, афтæ ныл тыхсы æмæ ауды. Гыцци ма æфсæрм дæр свæййы, кæд æмæ, дам, ыи цæмæй бафиддзыстæм йæ бирæ фыдæбон, йæ лæггад,— æнæрхъуыдыйæ фæлыг кодтон Аслæнджеряйы ныхас. Мæ рæдыд куы бафиппайдтон, уæд афтæ фефсæрмы дæн, афтæ фæтыхстæн, æмæ дзы хатыр ракуырдтаин, суанг ма уымæ дæр нал сарæхстæн. Бæргæ ма фæс- мон кодтон, фæлæ байрæджы. Уый мæм исдуг æдзы- нæг фæкасти йæ зондджын цæстытæй, стæй йæ мид- былты бахудти æмæ мын, ныфсæвæрæгау, загъта: — Хъæссæй йæ лæггадæмæ ’ххуысыхай хæс нæ дæт- ты. Ууыл ма тыхсут ды дæр æмæ Сæниат дæр. Стæй дын чи балæггад кæна, хорзы дын чи бацæуа, уый цыма ды дæр нæ ферох кæндзынæ, уый мæ уырны... Æмбаргæ лæппу дæ, Инал, мæ хур, æмæ рагæй хъа- выдт^æн иу хъуыддаджы фæдыл демæ баныхас кæнын- мæ, лæг лæджимæ куыд æргом фæдзуры, афтæ. Æр- 184
мæст ма дæ ноджыдæр фæдз.æхсын: ма мæм фæхæ- рам у. — Уапцон хæрам пæу! Цæуыл лæм хъуамæ смæсты уои. Цыдæриддæр мын зæгъай, уый раст уыдзæнп, æмæ йыл кæддæриддæр сразы уыдзынæн. Дæ алы ны- хас дæр мæнæн вæййы зонд-зонæн æмæ пайда... Аслæнджери та ногæй ныхъхъуыды кодта. Йæ мид- хъуыдыйы цыдæр рабар-бабар кæнын райдыдта. Æз дисы бахаудтæн, цавæр ахсджиаг хъуыддаг æй тыхсын кæны, стæй йæ алыг кæнын мæнмæ цæмæи æрхаудта? Цы фарст хъуамæ алыг кæнон, цалынмæ гыццийы кæнæ Хъæссæйы бафæрсон, уæдмæ? Науæд йæ’фæнд æргом цæуылнæ дзуры Аслæнджери? Фæстæмæ цæмæн æр- гъæвы йæ хъуыды, цы йæ иыддæргъвæтин кодта? Алы- гъуызон „цæмæн"-тæ, „цы"-тæ ныррæхыс сты кæрæ- дзийы фæдыл æмæ сын кæрон нал ардтон. Аслæнджери та фæлмæн бахудти йæ мидбылты, стæй та мæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: — Хъæссæй уæ бинонтæй куы бауид, иумæ куы цæриккат, уый дæ нæ бафæндид? Диссаг мæм фæкасти, йе ’рбацыдæй пырмæ йæ пы- хас, йæ койы сæр Хъæссæйы цæмæн скодта, уыцы лæ- джы тыххæй мæ афтæ хынцфарст цæмæн кæны, цы мæ къахы? Æз ыи хъуамæ æргом загътаин мæ хъуыды, фæлæ мæхиуыл фæхæцыдтæн. Æрмæст æм фæрсæджы каст бакодтон æмæ та хъуыдытыл фæдæн. — Инал, ныр фынддæсаздзыд, лæджы бындзæфхад дæ, æппæт дæр зоныс, æппæт дæр æмбарыс. Гъе, æмæ 185
дын дардыл нал дзурдзынæн. Нырма æрыгон у Сæниат, дæуæй æрмæст дыууын азы хистæр. Йæ царды фыл- дæр хай нырма разæй ис... „Уæддæр та гыццийы кой!" -—мæхинымæр та бака- тай кодтон æз. —-Кæд рахиздзæни йе ’ргом ныхасмæ?14 — Абон уа, райсом уа, уæддæр райсдзынæ астæук- каг ахуырдзинад. Уый фæстæ фондз азы ахуыр кæн- дзынæ институты. Индзылер суыдзынæ. Чи йæ зоны, кæдæм дæ фæраст кæндзысты кусынмæ. Ус ракурдзы- нæ æмæ царды дзæбæхæй цæрдзынæ. Йæ цард сараз- дзæни дæ хо Зариффæ дæр. Уый хорз у, тынг хорз. Фæлæ уæ мад баззайдзæни иунæгæй, æнкъардæй. Æмæ куыд цæрдзæни, йæ зæронды бонтæ куыд æр- витдзæни, ууыл искуы ахъуыды кодтай? Æви уæ мад хæсджын у, хъуыды æмæ мæт кæна йæ зæнæджы сом- боныл, фæлæ сымах хæсджын не стут уæ мады хъыс- мæтыл сагъæс кæнат? Кæд афтæ хъуыды кæныс, мæ хуры чысыл, уæд рæдийыс. Тынг рæдийыс, — уайдзæф- гæнæгау мын загъта Аслæнджери æмæ йæ ныхыл цы хиды ’ртæхтæ фæзынди, уыдон асæрфта, стæй комком- мæ ныккасти мæ ц&стытæм, цыма тынг смæсты дæн, æви нæ, уый базоиын æй фæндыди. Мæ зæрдыл æрбалæууыди мæ зæронднана. Арæх-иу æм бауадтæн. Фæцин мыл-иу кодта, фæрæвдыдта-иумæ. Стæй мæ-иу нæхимæ нал уагъта, мæ бон, дам, нал у иунæгæй цæрын, æрмæст цыппар къулмæ кæсын. Ам, дам, иунæгæй куы амæлон, уæд мæ зонгæ дæр ничи бакæндзæни. Æмæ æцæг афтæ рауади йæ хъуыддаг. 186
Иу бон нæм ’рбауади. Æнкъардæй фæбадти, стæй ацы- ди. Гыцци йæ бæргæ нæ уагъта, ахсæв ам лæу, зæгъ- гæ йæм хатыди, фæлæ йæхи фæнд акодта. Дыккаг рай- сом, улæфты бон, гыцци фестади, зæронд ус, дам, ды- сон йæ уагыл нæ уыди, мæ зæрдæ йæм æхсайы, абæ- рæг æй кæнон. Æз дæр ацыдтæн йемæ, Зариффæйы фынæйæ ныууагътам хæдзары, афтæмæй. Нанайы баййæфтам хуыссæны. Бадис кодтон, ра- джы стаг куы у, уæд ацафонмæ хуыссæны куыд фæ- лæууыди, зæгъын. Гыцци йын рахæцыди йæ хъæццулыл. Æрысгæрс- тытæ йæ кодта. Æмæ мæ мады кæуын куы фехъуыс- тон, æрмæст уæд бамбæрстон, мæ уарзон нанайыл цы ’рцыди, уый. „Нæй, æз афтæ нæ бакæндзынæн! Алихан æнаккаг ми бакодта. Ахæм æгады хъуыддаг мæ сæрмæ не схæс- дзынæн. Гыццийы иунæгæй никуы ныууадздзынæн!" — алыг кодтон мæхинымæр, Аслæнджерийы сагъæсгъуыз цæсгомм.æ кæсгæйæ. — Уый дзырдæн афтæ загътон, æндæра йæ мадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи фæкæсы, ды уыцы лæппу- тæй нæ дæ, уый тынг хорз зонын... Кæй зæгъын æй хъæуы, дæхи фыд удæгас куы уаид, уæд уымæй стыр- дæр амонд нæ уаид Сæпиаты, стæй йæ сывæллæттæ дæр амондджын уаиккой. Фæлæ иугæр уый нал ис, уæд уæ мад зæронды бынаты авæра йæхи, цардыл йæ къух ауигъа, уый раст нæ уыдзæни. Исты ’рхъуыды кæныны афон ын у... 187
Ныр бæстон бамбæрстоп, пæ дæргъвæтин ныхас цæй фæдыл уыди, Хъæссæй æмæ гыццийы кой йе ’вза- гыл цæмæн æрцауындзæги изæрæй нырмæ, уый. Фæлæ цыма ницы бамбæрстон, мæхи афтæ ’вдыстон. Æппын- фæстаг ын æгъдауы тыххæй загътон: — Мæ мады хъысмæтыл æз дæр бæргæ хъуыды кæнын, бирæ кæй фыдæбон кæны, зыи ын кæй у, уый дæр æмбарын, фæлæ йын нырма мæ бон ницы у. Æр- мæст мæ бон у иу хъуыддаджы тыххæй дын фидар дзырд радтон: индзылер нæ, фæлæ искуы профессор куы уон, уæддæр мын гыцци, ныртæккæйау, зынаргъ уыдзæн, чи зоны ма ноджы зынаргъдæр. Цыфæнды куыст кæнон, куыдфæнды цæрон, уæддæр æйиу къуыри, иу бон иунæгæй нæ ныууадздзынæн. — Уый мæ уырны. Дызæрдыг нæ кæнын, — мæ ны- хас кæронмæ нæма ахæццæ кодтон, афтæ мæ фæурæд- та Аслæнджери. — Фæлæ дын уæддæр мæ фæнд æх- хæст нæма сæргом кодтон. — Хъусын дæм, — цыбырæй загътон æз. — Афтæ мæ фæнды, Инал, мæ хур, цæмæй уæ хæ- лар Хъæссæй уæ хæдзайраг, уæ бинонтæй бауа. Цæмæй йæм ды дæр æмæ дæ гыццыл хо дæр кæсат, куыд уæхи фыд, афтæ, уарзат æй æмæ йæм хъусгæ дæр кæнат, уæ мадмæ куыд хъусут, уымæ куыд кæсут, афтæ. Фæнды мæ, цæмæй иудадзыг цæра сымахимæ иумæ, йæхи хоиа уæ хæдзайраг, уæ бинонтæй. Фæнды дæ афтæ? — Æз æм ныртæккæ дæр раст ахæм цæстæй кæсын: 188-
уарзын æй, хъусын æм, нæ алы бацамынд, йæ алы пы- хас дæр ын æххæст кæнын... Изæрыгон ын махмæ ба- дын куы ацайдагъ вæййы, уæд æй йе ’дзæрæг, æнкъард фатермæ нал фæхæссы йæ къах. Бирæ хæттыты йып фæзæгъын, ахсæв махмæ бафыпæй кæн, зæгъгæ, фæлæ та уæддæр ацæуы æвæндонæй. Аслæнджери мæм касти, мидбылты худгæ. Йæ цæс- тæнгас мын бæлвырд дзырдта: „Ацы лæппу кæнæ стыр хииæйдзаг у, хъуыддаг æмбары, афтæмæй ракъах-бакъах кæпы зæронд лæ- джы, кæннод та у зыбыты æдылы". —-Æнæбынат хъуыддаг йæ сæрмæ пæ бахæсдзæпн Хъæссæй, æгæр хæрзæгъдау æмæ сæрхызт лæг у. Нæ йæ фæнды, цæмæй дзæгъæлдзыхтæн уый фæстæ дам- думты фадат фæуа. Аслæнджери „дзæгъæлдзыхтæ" æмæ „дам-думты" кой цæй фæдылракодта, уый нæ бамбæрстоп, стæй йыл, мæнмæ гæсгæ, хъуыды дæр нæ акодтон уыцы уысм. Къæсæрыл æрбалæууыди, рынчынтæн хæринаг цы сылгоймаг лæвæрдта, уый. Уайтагъд мæ фындзыхуын- чъыты смидæг ис цавæрдæр туаг тæф. — Дæ цæсгом та ма сæнцъылдтытæ кæн, лæппу, — цы- дæр хæринæгтæ мын мæ разы ’рывæргæйæ, загъта уый. — Ацы хатт ма куынæ бахæрай, уæд дæм тыпг фæхæрам уыдзынæн. Цалынмæ мæ разы исты бахæрай, уæдмæ афтæ лæудзынæн ам... Бирæ диссæгтæ федтоп мæ цæрæнбонты, фæлæ æнæхæргæйæ цæргæ ацы лæп- пуйы йедтæмæ иикуы пикæйы ма федтоп. 189
Сылгоймаг фыццаг афæнд кодта, сывæлонæн куыд фæдарынц хæринаг, афтæ мын йæхи къухæй бахæрын кæнын. Æмæ йын ууыл куынæ сразы дæн, уæд мæ тæккæ раз сбадти æмæ, цалынмæ æвæпдонæй авдæлон кодтон уыцы стыр къус, уæдмæ йæ бынатæй нæ фез- мæлыди. — Гъе, уый лæгдзинад у. Дæ мады ’хсырау дын батайæд, — раарфæ мын кодта уый, стæй афтид мигæ- нæнтæ айста æмæ разыйæ ацыди. Аслæнджери исдуг æдзынæг фæкасти, ныртæккæ сылгоймаг цы къæсæрæй ахызти, уырдæм. — Хæрын хъæуы, мæ хур, хæрын. Рынчынæн йæ сæйраг хæс у хæринаг. Хъæссæн дæр ма дæ рахъаст кодта, хæргæ нæ кæны, зæгъгæ, — уайдзæфы, æви ха- тæджы хъæлæсæй загъта Аслæпджери, стæй та цы- дæр хъуыдыты апыгъуылди. Хатгай-иу йæ сæр разыйы тылд бакодта, куы та-иу йæ мидбылты бахудтн. — Дæу æмæ мæн куы бафæнда, уæд уыцы хъуыд- даг æнцонæй сырæздзæни... Разы дæ мæ фæндоныл, æви нæ? Ногæй та хъуыдытыл фæдæн. Цы зæгъон, цы’ дзуапп ын радтон, уый нæ зыдтон. — Дæ ныхас дын дзæбæх не ’мбарын, Аслæпдже- ри, — æппынфæстаг загътои æз. Уый та мæм дисгæпæ- джы цæстæнгасæй æрбакасти. — Хъæссæй æмæ Сæниат цыма кæрæдзийы зæрдæ- мæ цæуынц, — йæ ныхас фергомдæр кодта Аслæндже- ри. — Гъе, æмæ сæ цард куы баиу кæниккой, уæд тынг 190
хорз уаид,.. Ацы хъуыддаджы фæдыл ныхас кодтон Хъæссæимæ. Уый фыццаг фефсæрмы ис, тынг ныхъ- хъуыды кодта, стæй мын дзуапп радта: „Æвзæр нæ уаид, фæлæ уыцы бинонтæ чысылæй-стырæй мæ хуыз- дæр хæлæрттæ сты. Афтæ куы фенхъæлой, уыцы фæнд æз æрымысыдтæи, æз дæ баминæвар кодтон, сæ зæрдæ мыл куы бахуда, нæ рæсугъд хæлардзинад куы фехæла, уымæй тæрсын. Уый, зæгъын, мæхимæ исын. Хъуыддаг сараздзынæн, куыд æмбæлы, афтæ. Уый фæстæ мæ фæндон бамба- рын кодтон дæ мадæн. Хъæссæйæ уый ноджы тынг- дæр фефсæрмы. Æз, дам, Хъæссæймæ ’фсымæры зæрдæ куы дардтон, уæд, дам, уый ахæм фæнд цæмæн скод- та? Цас ныхас кæнын мæ бахъуыди, цæмæй Сæпиатæн бауырнын кодтаин, ацы фæнд Хъæссæй нæ, фæлæ æз кæй æрымысыдтæн! Кæронбæттæны йæ куыд бамбæрс- тон, афтæмæй хъуыддаг иууылдæр дæуыл баст у, Инал. Кæд ды нæ ныццæхгæр уай хъуыддаджы ныхмæ, уæд цыма сæ дыууæ дæр разы сты. Зæгъ, цы дæ фæн- ды, уый æмæ сын æй фехъусын кæндзынæн. Афтæ мæм кæсы, цыма дæ мад амондджын уа, уый дæуæй тынгдæр никæй бафæнддзæн. Раздæрæй ноджы тынгдæр фæтыхстæн. Изæрсарæй мын Аслæиджери цы хъуыддаджы фæдыл дзырдта, уый мæ рагæй фæндыди, Азау йæ хæстæджы тыххæй фыццаг хатт хатын куы райдыдта гыццимæ, баком ын, смой дзы кæн, зæгъгæ, уыцы изæрæй фæстæмæ. Ныр дæр мæ тынг фæидыди. Фæлæ Аслæнджерийæн мæ 191
хъуыды æргом загътаин, уый мæм цæйдæр тыххæй аив нæ касти. Æмæ йын æй æнæуи цы хуызы бамба- рын кодтаин, уый та зонгæ нæ, кодтон. „Гыцци мæ хъуыды рагæй куы зоны, уæд ма ме ’фсон цæмæн кæны?" — бафарстон мæхи, Аслæпджери- пæн та загътои: — Хъæссæйы ныхмæ ницы зæгъин. Гыцци та мæ мад у æмæ йæхæдæг хорз зоны, цы саразын хъæуы, уый. Хъуыддаг куыд алыг кæной, уый уыдзæпи раст æмæ йыл æз дæр сразы уыдзынæн. Хистæрты хъуыд- даджы мæхи тъыссон, уый мын не ’мбæлы. — Хуыздæр дзуапп мæн дæр нæ хъæуы, æмæ дæ хистæрты дæр, — разыйы хъæлæсы уагæй мып загъта Аслæнджери æмæ мæм бузныджы цæстæй бакасти. Ноджы ма мып цыдæртæ дзырдта уыцы фарсты фæдыл, æппæлыди Хъæссæйæ, аив ахорæнтæй иыв кодта Хъæссæнмæ нæ бинонты сомбоны цард. Суанг ма йын мæ мидфынæйæ дæр хъуыстон йæ фæлмæн пы- хас æмæ мæм касти æхсызгон фыны хуызæн. Хуры тын мæм йæ зæрин цæстытæй куы ’рбагу- дзицц кодта рудзынгæй, мæ цæстытæ мын æрмæст уæд феуæгъд кодта хуыссæг. Аслæнджерийы мæ разы федтон, дысоп мæ бафынæйы хæдагъоммæ куыд бадти, раст уыцы хуызы. — Дæ райсом хорз уæд, Инал, дæ райсом! — Хъæл- дзаегæй мып салам радта Аслæпджери. — Уæллæй-гъп, ах’æм фыпæй кодтай, ахæм, æмæ дысон-бонмæ дæ къах дæр пикуы атылдтап, иунæг хатт никуы схъæрзыдтай. 192
Цæй, хорз, Инал. Ныр уал дæ иунæгæй фæуадзон. Сæниат дæм, æвæццæгæн, тагъд фæзындзæни. Изæры та дæ абæрæг кæндзынæн. Ныр та уал куысты ’рдæм бакæсон. Æрмæст нæ дысоны дæргъвæтин ныхас ма ферох кæн. Абон та фендзынæи сæ дыууæйы дæр, иоджы бæстондæр бадзурдзынæн семæ. Ныфс мæ пс, цыма мæ бамбардзысты, байхъусдзысты мæм, мæ фæп- доныл сразы уыдзысты, Æрмæст фарст дæумæ куы ’рхауа, уæд-иу „нæ" ма зæгъ... Аслæнджери сыстади, дысон изæрæй нырмæ цы баидоныл бадти, уырдыгæй. Бацыдн рудзынджы размæ, кæрты ’рдæм бæстон акæстытæ кодта, цыма æрæг- вæззæджы даргъ æхсæв æцæг ахицæн æви нæ, уый бæрæг кодта, стæй æрбацыди мæ размæ. Иоджы ма иу цъус алæууыди. Цыдæр æнхъæлцауы каст мæм кодта. Дæ фæндоныл разы дæн. Дысоп дын цы дзуапп раттон, уый мæ зæрдыл дарын æмæ йæ аивынмæ нæ хъавын, зæгъгæ, йын зæрдæ куы бавæрдтон, уæд мып тыпг зæрдиагæй загъта, тагъд сæнæниз у, зæгъгæ, æмæ ацыди. Исдуг æдзынæг фæкастæн, Аслæнджерийы фæтæн фæсонтæ цы дуары фæстæ фæаууон сты, уырдæм. Стæй мæ цæст ахастон палатæйы къуымты. Цæйдæр тыххæй мæм фæкасти афтид, талынг, æнкъард. Мæ зæрдæ банкъарди. Тынг мæ бафæндыди Зæлинæйы фс- ныи. Ныртæккæ та къæсæрæй куы ’рбакæсид, Æхсари- мæ нæ, фæлæ йæхæдæг иунæгæй. 13* 193
Æхсары ном æрбаймысгæйæ мын мæ зæрдæ цыдæр фелхыскъ кодта. „Цымæ Зæлинæимæ цы рабыр-бабыр кæны? Æви афтæ æнхъæлы, цæргæ-цæрæнбонты ам хуысдзынæн? Науæд æй Зæлинæ йемæ цæмæн уадзы? Чи йын у, цы йын бавæййы?.. Æниу ын, æвæдза, Æх- сары хъауджыдæр æз дæр чи дæн? Уымæй уæлдай йын цы бавæййын?" Æмæ та мæ алыварс æрзылдысты, мæ сæры та сæ кæрæдзи ивып байдыдтой æнкъард æмæ хæццæ хъуы- дытæ, фæндтæ, бæллицтæ. Бирæ та мæ фæраскъæф-баскъæф кодтой мæ хъуы- дытæ сæ цырд базыртыл. Кæдæм мæ нæ фæхастой, кæм мæ нæ балæууын кодтой, фæлæ-иу алы ран дæр мæ разы февзæрди Зæлинæйы фæлгондз, цæстытыл-иу ауади йæ фæлмæн, зæрдæагайæг мидбылхудт, хъусты зæлланг кодта йæ цъæхснаг хъæлæс. Мæ хъуыдытæ фæстæмæ, рынчындоны палатæмæ, æрыздæхтысты, знон Хъæссæй кæмæ бахатыд, фæуадз уал æй, ныртæккæ йæ мацæмæй фæрс, йæ зæрдæ уал йе ’муд æрцæуа, зæгъгæ, милицийы уыцы кусæг къæ- сæрыл куы ’рбалæууыди йе стыр портфелимæ, æрмæст- дæр уæд. 194
ÆВДÆМ СÆР ФÆДЗÆХСТ Рынчындонæй мæ ракодтой гыцци æмæ Хъæссæй. Гыцци мæм уырдæм æрбахаста стыр тыхтон. Арæхстгай йæ райхæлдта. — Уыдон дын Хъæссæйы лæвар сты, — цавæрдæр къæмдзæстыг хъæлæсы уагæй мын загъта æмæ йæ цæс- гом æнахуыр сырх аци. Цæйдæр тыххæй тынг фефсæр- мы ис Хъæссæй дæр. Гыцци мыл скодта ног костюм, миты хъæпæны хуызæн хæдои æмæ, сынты базырау, сатæг-сау батинкæтæ даргъ бæттæнтимæ. — Хъæссæйы лæвар дын сты, мæ хъæбул, — цыма йын йæ ныхас нæ фехъуыстон, уыйау мын дыккаг хатт загъта гыцци æмæ та ногæй фæивта йæ цæсгомы хуыз. — Раст дыл джиппау абадтысты, мæ хъæбул. Зæрдиаг бузныг загътон Хъæссæйæн. Уый æн’æ- дзургæйæ ныккасти йæ къæхты бынмæ. Мæнырдæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Мæ зæрдæ цыдæр фехсайдта сæ дыууæйы ахастмæ, фæлæ сæ пицæмæп бафарстоп. Гыццийы нæ бафарстон, нæхимæ ’рцæугæйæ, нæ фа- теры цы æнахуыр ивындзинæдтæ бафиппайдтоп, уыдо- нæй дæр. Æмæ дзы ивындзинæдтæ та дзæвгар уыди: фæзынди нæм цыдæр ног дзаумæттæ, суанг ма иу дæрд- 195
джыигопд гауыз æмæ урсгопджыи сынтæг дæр. Раздæр пæ фатеры цы дзаумæттæ уыд, уыдон дæр сæ бынæт- тæ фæивтой. Зариффæйы сынтæг та цæйдæр тыххæй мæ уаты æрбиноиыг кодта йæхи (уæдмæ уый дæр гыц- цийы уаты æвæрд уыди). Тыргъы ’рагъæныл йæхи æр- цауыгъта Хъæссæйы зымæгон пальто. Пъолыл та хæрз сæрфтæй салдаттаг лæуд кодтой йæ дыууæ стыр цы- рыхъхъы. Фатер куыддæр рафидыдта, фæрайдзастдæр. Цалдæр хатты мæхи рацæттæ кодтон гыццийы ба- фæрсынмæ. Фæлæ та мæ-иу цыдæр ныкъкъуылымпы кодта. Зариффæйы ацагуырдтон мæхинымæр, хъуамæ йæ бафарстаин, фæлæ уый дæр уым нæ разынди, йе ’мбалмæ, дам, ацыди (сæ уроктæ-иу иумæ арæзтой). Уæдмæ нæм ме ’мбæлттæй чидæртæ æрбацыди. Гыц- цыл абадтысты, ацинтæ мыл кодтой, цыдæртæ мын ра- дзырдтой заводы хабæрттæй, стæй фæцæуæг сты. Гыццн æмæ Хъæссæйæ-иу комкоммæ кæмæ бакас- таин, уый-иу йæ цæстытæ пъолмæ ныццавта, исты æв- зæр ми чи бакæны, ахæм сабиау. Сбадтæн рудзынджы раз мæ уарзон бадæны æмæ уынджы ’рдæм скодтон мæ цæстæнгас. Хæдзар иыхъ- хъус, ныггуыппæги. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бам- бæрстон, гыцци æмæ Хъæссæй мæм цæмæн къæмдзæс- тыг цæстæнгасæй кастысты, цæмæн æфсæрмы кодтой мæ разы, уый. Сæттын ыл, æхсызгон мын уыди. Суапг ма с;ын арфæ ракæнынмæ дæр рахъайыдтæн, фæлæ мæхи ныуурæдтон, зæгъып, рæузонд сывæллон мæ куы рахо- ной, сæ зæрдæ мыл куы бахуда. 196
Бæрæг нæу, афтæ æгомыгæй кæдмæ бадтаиккам, чи- дæр нæ тыргъы дуар куынæ æрбахостаид, уæд. Гыц- ци афтæ рогæй фестадн йæ бадæпæп, раст цыма тынг рагæй бæллыди, дуар чи хойы, уып фепдмæ æмæ ныр йе стыр бæллиц сæххæсти. Йæхи адзæбæхтæ кодта æмæ цырд ауади дуар кæнынмæ. — Уый Азау куы дæ, Азау. Мидæмæ нæм рахиз, дæ хорзæхæй. Кæдæй-уæдæй ма фæндаг базыдтай нæ кæрт- мæ, — æрбайхъуысти гыццийы ныхас. Бæрæг уыди, Аза- уы фенд ын æхсызгон кæй уыди. Мæ зæрдыл æрбалæууыди, иу хатт нæм Азау йæ хæстæгимæ куы ’рбацыди, уæд гыццийæн цы маст скод- той, стæй сæ мæ мад æмæ нана рацъоны бирæгъы сырд куыд фæкодтоп, уый. Уæдæй фæстæмæ пæ хæдзары тæфтыл пал ауади Азау. Гыццийы мад куы амарди, суанг ма нæм уæд дæр не ’рбацыди: рынчыиæфсон скодта. — Зæрдиагæй дын арфæ кæнын, Сæниат, дæ сывæл- лон æнæ фыдбылызæй кæй баззади æмæ афтæ тагъд кæй адзæбæхи, уый тыххæй (æииу цæй „тагъд адзæ- бæх" дæн, æнæхъæн мæй рынчындоны куы садтæн). — Æхсар мын амæлæд, кæд Иналы фæцæфы хабар куы фехъуыстон, уæд ыл мæ зæрдæ тынг нæ фæрысти. Уастæн ын дзæбæх царды хос фестой уыцы аныгуыли- наг лæппутæ! Тынг ыл фæмаст кодтон... — Бузныг, Азау, Зопын æй, æхсызгон дыи иæ уыдаид. Рахиз мидæмæ. Абад нæм иу чысыл, — бахатыд та йæм гыцци. 197
— Дæ хъуыддаг дæр стыр амондджын фæуæд, Сæ- ниат, — цыма гыццийы ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодта, афтæ дарддæр иывæзта Азау. — Тынг æхсызгон мын уыди, дæ цардæн, æппынфæстаг, сæрфат кæй скодтай, уый. Йæ фыццаг амондæй дыккаг хуыздæр кæмæн ра- уади, сыгъдæг лæгты дзуар уый æмбал бакæиæд дæу æмæ Хъæссæйы дæр. Азауы уыцы ныхасмæ хъусгæйæ, Хъæссæй афтæ стыхсти, æмæ ма йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Æз ма йын тæригъæд дæр бакодтон. — Бузныг, Азау. Амондджын адæмты арфæтæ. дыл æрцæуæнт, — дзуапп ын радта гыцци. — Хæдзармæ нæм рацу, Азау, æмæ уым ракæн дæ арфæты хай. Бынтондæр мæ нæ фæндыди, Азау нæм æрбацы- даид, уый: иу хатт уый æмæ йæ тæнджын хæстæджы тыххæй нæ бипонтæ куы смæстджын сты, гыцци æмæ пана сæ цæссыгтæ куы фæкалдтой, уæдæй нырмæ йæм хæрам уыдтæн. Нæ йæ уарзтон, адæймаг йе знаджы куыннæ фæуарзы, раст афтæ. Æхсар мæ хæлар у, йæ мад та — менæуынон. „Куы ’рбацæуа, уæд æй фæсурдзынæн", — сфæнд кодтон мæхинымæр. — Фарн уæм бацæуæд, Сæниат, стыр фарн æмæ амонд, — æрбайхъуысти та Азауы фæлмæн ныхас. — Мæ цæс- гом æхсад нæу дæ разы. Дæ зонд, де ’гъдауы нывонд мæ( уд фæуæд. Дæхæдæг фидар куынæ фæлæууыдаис, ме ’дылы фæндмæ куы байхъуыстаис, уæд де ’нæмаст цард æрбайхæлдаид мæн аххосæй. Ды, æвæццæгæн, фе- 198
хъуыстаис мæ хæстæджы хабæрттæ, æнæхæстæг дзы æрбауон. Иу хатт нæ ардыгæй куы атардтай, дæ зонды нывонд фæуон, уæд ын уый хæдфæстæ чидæр баны- мыгъта заманайы сылгоймаг. Ракуырдта йæ. Иу æртæ мæйы дзæбæх ацардысты. Уыцы гуыбын ныхъхъыввытт ласта, мæгуыр усмæ цы ’хцайы муртæ уыди, уыдон, стæй иæ афтид армæй фæуагъта. Раст афтæ бакодта ноджы æндæр сылгоймагæн дæр. Æмæ та ныр дзыхъхъыниог усгурæй агæпп кодта. Иу къуырийы размæ та мæм æр- бауади уыцы æдзæсгом рувас æмæ йæ æз... — Зæгъын, кæд та мæм уый тыххæй хатæг æрбацыд- тæ, Азау, уæд байрæджы ис дæуæн дæр æмæ дæ хæс- тæгæн дæр: æз ссардтон мæхи хуызæн мæгуыр, æн æ хин адæймаг æмæ уыимæ баиу кодтон мæ цард, — гæзæ- мæ хъуысти гыццийы ныхас. — Смой кодтон, Азау, смой кодтон. Афтæ фехъусын кæн дæ хæстæгæн. Мæнмæ дзæгъæлы мауал кæсæд. — Уæдмæ уал йæ кæсæнтæй ма ракæсæд æмæ йæ тъæнгтыл фæхæпæд, цалынмæ ма æз уый тыххæй ис- кæмæн иунæг дзырд дæр зæгъон. Уæд мæ гыццыл би- нонты сæфт фен, Сæииат, ахæм æнаккаг у, уый куы зыдтаин, уæд æй дæуæн нæ, фæлæ ме ’знагæн дæр нæ бауарзтаид мæ цæст. Æниу мын цæй хæстæг у: нæ лæ- джы мады ’фсымæры лæппуйы дæрддаг каис. Мæпæ куыд фæзæгъынц „тæрхъусы басы бас"... Гъе, фæлæ дзы нæ лæгæн чидæртæ раппæлыди, уый та — мæнæн. Уæдмæ нæм йæхæдæг дæр фæзынди итувæрдæй. Уый фæстæ нæ дуарахæст бакодта. Къуыри нæм дыууæ хатты 199
згъорста. Бидыры хъазы уагъд-иу акодта йæхи, митæй мæсгуытæ аыадта йæ сомбоны бнноГшагæи. Цæй, куыннæ бауарзтапд мæ цæст ахæм „хъаны цард" дæуæп дæр æмæ дæ дзæбæх сывæллæттæп дæр... Фæлæ цы маргъы мыг- гаг у, уый куы базыдтон, уæд æй мæ хæдзарæй ахæм тард фæкодтон, ахæм, æмæ пырæй фæстæмæ арвы та- лынгты кæндзæни мæ койæ. — Цæй, Азау, уыцы ныхасæн ныр æгъгъæд у. Рахиз мидæмæ æмæ абадæм, — ногæй та йæм бахатыд гыцци. — Стыр хуыи дæм куынæ бахæссои, афтæмæп дæ- къæсæрæй куы бахизоп ахæм дыууæ циндзинады тых- хæй, уæд мæ дыууæ уæраджы дæр сæ тæккæ рæбып- тыл фæсаст уæнт, — фæстаг хатт ма ’рбайхъуысти Аза- уы ныхас, стæй ’ пыхъхъусысты сылгоймæгтæ. Æвæц- цæгæп, гыцци афæпдараст кодта йæ уазæджы. Хъæссæй æицоиæй сулæфыди, цыма уæззау уаргъ ахауди йæ уæхсчытæй. Фсуæгъдн цавæрдæр хъуыды- тæй. Схæцыди йæ сæрыл. Сыстади, æввахс мæм æрба- цыди. Абонсарæй мæм фыццаг хатт бакасти комкоммæ. Йæ тыхджын къух æрæвæрдта мæ мæллæг уæхсчы- тыл, къæмдзæстыгæй мæм сдзырдта: — Аххосджып дæн, Инал, дæ разы. Мæнæн, лæгæй- лæгмæ, дæуимæ баныхас кæнып, дæу бафæрсыи æм- бæлди. Афтæ фæндыди Сæниаты дæр, фæлæ... Аслæи- джерийы аххосæй афтæ рауади хъуыддаг. Уып ныр æнæхъæн мæйы бæрц йæ сæйраг куыст скодта мах. Дзырдта нын, цыма демæ ныхас кодта, дыразы дæ, зæгъ- гæ, нын дзырдта мин хатты æмæ йыл мах дæр баууæн- 200
дыдыстæм. Нæ зонын, æцæг дзьтрдта дæуимæ, æви нæ... Цыххатыр кæн, Инал, мæнæн дæр æмæ дæ мадæн дæр, кæд дæ бон у, уæд, — лæгъзтæ мын кодта Хъæссæй. — Зæгъ-ма мьш, Инал, лæг лæгæп куыд фæзæгъы æргом, афтæ: тынг мæм фæхæрам дæ? Хъæссæй йæ армытъæпæнтæй амбæрзта йæ нарст цæсгом. Бацыди рудзынджы размæ æмæ уынцжы ’рдæм цæмæдæр нымдзати. Стæй мæм æваст фæзылди æмæ та мыи ныллæгъзтæ кодта. — Инал, мæ гыццыл хæлар (абоп мæ фыццаг хатт схуыдта ^мæ гыццыл хæлар"). Дæ уæздан фыды ха- тырæй, Сæпиатмæ ма фæхæрам у. Уын аххосджын нæу дæ разы. Уый сыгъдæг адæймаг у, намысджын. Аххос- джын æз дæн æмæ цыдæриддæр маст, фыдæхдзииад ис дæ зæрдæйы, уыдон иууылдæр мæныл ныккал. Æз сæ бауромдзынæн... Стæп нырма иæ байрæджы ис, нырма срастгæнæн ис хъуыддагæн. Мæ муртæ абон æрбаластои ардæм. Гъе, æмæ дæ кæд фæнды, уæд сæ ныртæккæ фæс- тæмæ бакалдзынæн сæ бынатмæ... Дæ цард фенад кæ- пыны фæлтау мæп ницы хъæуы... Æз ппцы дзырдтон. Хъæссæйæн тæригъæд дæр код- тон æмæ мæм худæг дæр касти пæ иыхас. Уыцы сахат мæм уый фæкасти цавæрдæр стыр, фæлæ æдых, æпæ- дзырдыбон сывæллоны хуызæи. Æдзынæг кастæп йæ гæзæмæ гуыбыраив фæсоптæм. Мæ фыды дзæбæх пал хъуыды кæнын.. Фæлæ мын мæ мад куыд дзырдта, аф- тæмæй уый дæр, Хъæссæйау, бæрзонд æмæ гуырвидыц лæг уьтди, æрмæст, дам, уымæн дæр йæ фæсонтæ размæ 201
афтæ фæгуыбыраив сты. Гъе, æмæ уый тыххæй уæл- дай фылдæр уарзтон Хъæссæйы фæсонтæм кæсын. Аф- тæ мæм касти, цыма йæ уæнгты дисссаджы рæсугъд- дзинад, фыццаджыдæр у, йæ фæсонтæ размæ гæзæмæ кæй фæгуыбыр сты, уый фæрцы. Ныр та мæм афтæ фæкасти, цыма йæ фæсонтæ нырмæ куыд уыдысты, уы- мæй бирæ фæгуыбырдæр сты. — Хъæссæй, уæхимæ дын къулыл цы къам конд уы- ди, уый ардæм нæ рахастай? — Йæ бирæ тыхст фарсты- тæн дзуапп радтыны бæсты йæ бафарстон æз. Уый мæм цымыдисæй æрбакасти æмæ сдзырдта: — Цавæр къамы кой кæныс? — Дæхи къамæй дæ фæрсын. Уæ къулыл рæсугъд рамкæйы æвæрд цы къам уыдис, уымæй. Демæ йæ нæ ра- хастай? — Рахастон æй, Инал, фæлæ йæ цæмæн фæрсыс? Хъæссæй мæм комкоммæ ныккасти, цæуылдæр арф хъуыды кæнгæйæ. 1 — Кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд мын æй балæвар кæн, —- балæгъзтæ та йын кодтон. — Ратдзьшæ мын æй? Хъæссæй мын дзуапп нæ радта, афтæмæй ацыди ин- нæ уатмæ. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ фæкасти, цыма йын хъыг уыди, къам дзы кæй куырдтон, уый æмæ мæ цурæй уы- мæн айста йæхи. „Цæмæн смæсты ис,чысыл лæвар дзы кæй куырдтон, ууыл? Бирæ мæ куы уарзта, куы ницы мын хæлæг кодта, уæд ыл ныр цы ’рцыди. Æви мын цæстмæмитæ кодта, мæ зæрдæ мын æлхæдта? Йæ цард 202
немæ куы сбаста, нæ бинонтыл йæхи куы банымадта, уæд афтæ цæхгæр фæивта йæ зæрдæ, йæ ахаст?.. Нæ, уый мæ никуы бауырндзæни Хъæссæйæ. Уый ахæм нæу?.. Ахæм хъуыдытæ мæ сæ фæдыл уый бæрц асайдтой, æмæ, Хъæссæй иннæ уатæй куыд æрбаздæхти, мæ ра- зы куыд æрбалæууыди, уый нæ бафиппайдтон. — Цæуыл ныхъхъуыды кодтай, Инал? — бафарста мæ Хъæссæй, стæй мæм ’рбадардта, цы къам дзы куырдтон, уый. — Мæнæ дын къам. Афтæ фефсæрмы дæн Хъæссæйы раз, цыма ныртæк- кæ мæ сæры цы æнкъард хъуыдытæ æмæ дызæрдыг- дзинæдтæ хъеллау кодтой, уыдон бамбæрста æмæ мыл йæ зæрдæ бахудти. — Айс æй, айс, мæ гыццыл хæлар. Фæлæ тæрсын, искуы мæ куы афæлмæцай, науæд мæм истæуыл куы фæхæрам уай æмæ йæ тæвд пецы куы смидæг кæнай, — къаммæ ацамонгæйæ, загъта Хъæссæй. — Мæнæн тынг зын уыди, æппæтæй фылдыр кæй уарзтон, уыцы лæгæй ахæм ныхас фехъусын. Исдуг ни- цы зæгъын баци мæ б<эн. Æдзынæг æм кастæн, æнувы- дæй архайдтон, уыцы ныхас йæ зæрдæйы арфæй рав- зæрди, æви йæ хъазыны хуызы загъта, уый йæ цæсго- мы уагæй бамбарыныл. Æмæ уый мæ къухы куынæ бафтыди, уæд къаммæ нымдзаст дæн. — Уый нæ уыдзæни, Хъæссæй. Никуы уыдзæни! Мæ удыгасæй ахæм хъуыддаг пикуы ’рцæудзæни, — æппын- фæстаг, сфæрæзтон æмæ тыхамæлттæй нынныхъуырд- 203
тон, мæ хъуырмæ цьт кæуындзæджы къуыбар стылди, уый. — Никуы уыдзæн, цæумæ цæуыл фæхæрам уон, ахæм хъуыддаг. Хъæссæй рæвдауæн худт бакодта иæ мидбылты, цы- дæр зæгъынмæ ма хъавыди, фæлæ гыцци къæсæрæй æр- бахызти. — Уый цытæ дзурыс сывæллонæн, Хъæссæй? Худи- наг дын нæу? — бауайдзæф ын кодта мæ мад. — Иналæи бузныг у, æндæра дæ хъуыддагæй, æвæццæгæп, ницы рауадаид. Аслæджери нæ, фæлæ дын, æвæццæгæн, Ло- мисы дзуар дæр нæ баххуыс кодтаид. Хъæссæй фефсæрмы ис. Аххосджыны лæуд аьгодта иу цасдæр, стæй, лæгъзтæгæпæгау, сдзырдта: — Бахатыр мын кæп, мæхи Инал, хъазгæ кодтон. — Уый æвзæр хъазт у, Хъæссæп, тыиг æвзæр хъазт,— ногæй та йын бауайдзæф кодта гыцци. — Мæнæй дæ къаддæр кæй нæ уарзы сывæллон, уый хорз куы ха- тыс, уæд ма йын йæ зæрдæ цæмæн риссын кæпыс? — Сæттыи мæ рæдыдыл, Инал, — гыццийы бæсты мæ- нæн дзуапп радта Хъæссæп. — Ма мæм фæхæрам у. Хорз? Стæй мæ фарсмæ ’рбадти, йæ цонг ауагъта мс ’фцæ- джы, мæ сæр мын йæ риумæ балхъывта. — Тæрсгæ ма кæн, Сæниат. Мах Иналимæ рагон хæлæрттæ стæм. Кæрæдзимæ цæуыл фæхæрам уæм, ахæм хъуыддаг нæй æмæ пикъуы дæр уыдзæни, — гыццийæн зæрдæтæ ’вæрæгау, загъта Хъæссæй æмæ къæмдзæс- тыг худт бакодта йæ мидбылты. Гыццийы цæсгомыл цииæнгас ахъазыд, стæй ацы- 204
дн сихоры кой бакæнынмæ. Мæнмæ фæсмон фæми- дæги, хæларзæрдæ Хъæссæймæ кæй фæцæпхæрам код- гои, нæ хъазæн пыхас ын кæй нæ бамбæрстон, уый адыл. Исдуг абадтыстæм æнæдзургæйæ. Æваст цыдæр фæхъуыды кодта Хъæссæй. Йæ дзыппытæ радгай ас- гæрста. Систа иу дæргъæццонгоид гæххæтты сыф, рай- тынг æй кодта, æркасти йæм, стæй мæм æй æрбалæ- вæрдта. — Иннæбон тæрхондон æвзардзæни де ’фхæрджыты хъуыддаг. Мæнæ дæм сидæн гæххæтт æрбарвыстон. Нырма рæстæг бирæ ис æмæ бæстон ахъуыды кæн. Дæ, масты фæдыл куы ацæуай, уæд аив нæ уыдзæни. Тæр- хоны лæгты раз зæгъын хъæуы, хъуыддаг æцæгæй куыд уыди, раст афтæ. Цы уыди, уымæй уæлдай исты- тæ куы фæмысай, истытæ куы фæдзурай, уæд уый тынг бахъыгдардзæни хъуыддаг раст равзарын, раст тæр- хон рахæссынæн. Уæд æгæр карз æфхæрд рахæсдзыс- ты лæппутæн æмæ тæригъæд сты. Мæ цæсгом никуы- уал[ равдисдзынæн лæппуты ныййарджытæн, адæмæн. Мах аххосæй бабын уыдзысты æртæ сывæллоны. Æмæ мах, æз æмæ ды та фæнд кодтам Хазби æмæ Будзийы сæ галиу фæндагæй фæиппæрд кæнын, заводмæ сæ æр- бахонын, схъомыл сæ кæнын. Æваст фæтар ис Хъæссæйы цæсгом, цыма ныл мæй- Дар æхсæв йæ хыз айтыдта. Бынуæзæн ныуулæфыди лæг. Сагъæсгæнæджы ’нкъуыст ныккодта йæ сæр. — Чи зоны сæ исты иайдайы лæгтæ рауадаид. 205
— Бирæгъæй уæрыкк саразæн куыннæ ис, Хъæссæй, афтæ уыцы лæппутæн раст фæндагыл сæвæрæн нал ис. Уыдон сæ уыцы миниуджытæ æрдзæй рахастой, сæ туджы ис абырæгдзинад. Гъе, æмæ сын цас карздæр тæр- хон скæной, цас сæ дарддæр фесафой а-бæстæй, уый бæрц пайдадæр уыдзæн адæмæн, — мæстыйæ æрба- дзырдта мæ мад иннæ уатæй. — Абырæгæн йæ бынат ’ис ахæстоны, æрмæстдæр ахæстоны. Мæ бар куы уаиккой, уæд сын æз бæргæ... Гыцци кæронмæ нал загъта, Хазби æмæ Будзийы хъуыддаг уый бар куы бакæниккой, уæд сын цы стæр- хон кæнид, цы сын саразид, уый. Фæлæ сыл кæй нæ сауæрстаид, „чи зоны сæисты пайдайы лæгтæ рауайа", зæгъгæ, ахæм хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр кæй нæ уыд, уый бæлвырдæй зынди йæ ныхасы уагыл. Гыцци æрбахызти, кæм бадтыстæм, уыцы уатмæ. Хъæссæй йæм ахæм цæстæнгасæй бакасти, цыма йæ фыццаг хатт федта. — Раст нæ зæгъыс, Сæниат, мæ хæлар, — æппыифæс- таг, сдзырдта Хъæссæй, — бынтондæр раст нæ зæгъыс. Иналы чи бафхæрдта, дæу ахæм стыр масты чи баппæрс- та, уыдоны сæрыл нæ хæцын. Уыдон райсдзысты, цы фыдракæнд сарæзтой, уымæ цас æмбæлы, уый бæрц æфхæрд. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, зæххыл нæма уыди æмæ никуы дæр уыдзæн иунæг давæг, абырæг, кæнæ лæгмар, уыцы ’взæр миниуджытæ йемæ кæмæн райгуыр- дыс^ты, йæ мады æхсыримæ сæ чи бададта. Сывæллон куы райгуыры, уæд уый алыхатт дæр вæййы æнæхъыг, 206
æнæмаст адæймаг, зæххыл уæвæн цы ’взæр миниуджы- тæ ис, уыдонæй се ’ппæтæй дæр сæрибар. Фæлæ иуæй- иу ныййарджытæ куыдфæндыйы цæстæй фæкæсынц сæ зæнæджы хъомыл кæныны хъуыддагмæ, сывæллон, цы не ’мбæлы, ахæм исты куы саразы, уæд ын æй йæ цæст- мæ нæ бадарынц, нæ йын бауайдзæф кæнынц. „Тæри- гъæд" ын фæкæиынц, уæгъдскъæрæны йæ ауадзынц. Афтæмæй уый дыккаг хатт фестырдæр кæны йæ рæ- дыд, æртыккаг, цыппæрæм хатт бакæны ноджы стыр- дæр галиудзинад. Гъе, æмæ ■ иугæр галиу фæндагыл куы фæцалх вæййы уыцы кæддæры æнæмаст, æнæхъыг удгоймаг, уæд ма ныййарджытæ бæргæ фæархайынц йе сраст кæныныл, хатгай ма сæ сæртæ къултыл дæр бæр- гæ фæхойынц, фæлæ сын байрæджы вæййы. Гъе, афтæ рауади, абон нын стыр маст чи скодта, уыцы лæппуты хъуыддаг дæр. Ахъуыды ма кæн, Сæ- ниат: Хазбийæн фыд нал ис, уый зоныс, йæ мад та æдых, æнæсæрæн сылгоймаг у. Чи йæм фæкастаид, га- лиу фæндагæй йæ чи бахызтаид? Хуыздæр уавæрты не схъомыл ис Будзи дæр: йæ фыд расыггæнаг у, хæлд адæймаг. Къуыригæйтты хæдзармæ не ’рцæуы. Стæй сæ- химæ куы вæййы, уæд та — хыл æмæ загъд. Мад та... — Уыдон æз дæр зонын, Хъæссæй. Фæлæ мын иугæр мæ сывæллоны мардтой, иугæр æм кард систой, уæд цæй аххосæй ахæм уавæрмæ ’рцыдысты, цæмæн фехæл- дысты, уый мæ хъуыддаг нал у, мæнмæ нæ хауы, — Хъæссæйы ныхас фæлыг кодта мæ мад. — Фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ иугæр давын æмæ лæгтæ марынмæ 207
’рхæццæ ис сæ хъуыддаг, уæд сæ а-бæстæй фесафып хъæуы, цæмæй мауал фыдуынд кæной адæмы цард, ма^ уал халой, нæ алфæмблайы чи рæзы, уыцы сывæллæтты... Бæрæг нæу, Хъæссæй æмæ ма гыцци ноджы цас рæс- тæг бахардз кодтаиккой быцæу ныхасыл, пæ дуар та чидæр куынæ æрбахостаид, уæд. — Уазæг нæ уадзут, фысымтæ? — æрбайхъуысти кæй- дæр ныхас. Хъæссæй ауади дуармæ. Уайтагъд базыд- тон Аслæнджерийы хъæлæс. Æхсызгон мын уыд йæ ны- хас фёхъусын. Фæлæ бамæт кодтон, миййяг нæм мидæ- мæ куыиæ ’рбацæуа, ууыл. Рауадтæн Хъæссæйы фæ- дыл. Фæлæ цæмæйæр фефсæрмы дæн æмæ фæстæмæ фездæхтæн. — Фарн уæ хæдзары æмæ уе зæртæ хорз уæнт, — къæсæрæй æрбадзырдта Аслæнджери, стæн йæ хæсси- нæгтæ гыццимæ авæрдта æмæ мæм комкоммæ ’рбацыди. Цымыдис цæстæнгасæй мæ абарста сæрæй къæхтыбын- мæ, йæ куыстуарзон армыдзыхъхъы ахъаззаг балхъывта мæ къух. — Æз та ма дæ уым агуырдтои. Æнæхъуаджы фæ- цыдтæн горæты кæронмæ, — загъта Аслæнджери, цыма рынчындонæй æнæуи кæй рацыдтæн, хæдзары мæ кæй æрбаййæфта, уый тыххæй мын уайдзæф кодта. — Кæд- дæриддæр-иу æнæфыдбылыз у, мæ хур, дæ хистæрты фæндиаг. Æз бузныг загътон Аслæнджерийæн, стæй мæхи уат- мæ бацыдгæн, цæмæй иыхас кæньш ма хъыгдардтаин хис- тæрты. 208
— Амондджын фæуæд дæу æмæ Сæниаты хъуыддаг дæр. Уæлдай æхсызгондæр мын уымæн уыд, æмæ йæ æз кæй æрымысыдтæн, стæй мæм ус ’ппæт дæр кæй бай- хъуыстат хистæрæй кæстæры онг. Гъеныр мауæхъæуы ну гыццыл чындзæхсæв. Уый фæстæ цæрут амондимæ. Ныр рæсугъд цæрынæп дарддæр ницы цух стут æмæ уæ къухы кæй бафтдзæни, уый мæ уырны... — Бузныг, Аслæнджери. Хорз арфæтæ дыл æрцæ- уæнт. Фæлæ мах зæрæдты ’рдæм фæкъул стæм æмæ ныл чындзæхсæв нал æмбæлы, — кæмдзæстыг хъæлæ- сæй загъта Хъæссæй. — Кæд мып цæрын бацайдагъ уа, уæд æнæчындзæхсæвæй дæр нæ дуæрттæ никуы рах- гæндзыстæм дæ хуызæн хистæртæ æмæ хæлæрттыл. Стæй чыпдзæхсæвтæ кæмæн скæнæм, ахæмтæ дæр дзы хъомыл кæны. — Схъомыл уæнт, уæхи куыд фæнды, афтæ. — Бауырнæд дæ, Аслæнджери, ныртæккæ дæр дæ хорз суазæг кæндзыстæм, ахæм пуазаг куыиæ дæ, — хъазæнæмхасæн загътаХъæссæй.—Иннæ æмбæлттæн дæр бузпыг, фæлæ ныл дæуæй уæлдай бирæ лæггæдтæ ис. Уый агъоммæйы хъуыддæгтыл куынæуал дзурæм, уæд- дæр æрмæст ацы лæппуйы рынчыны рæстæджы ды йæ разы кæй фæбадтæ, цы æнæхуыссæг æхсæвтæ дзы ар- выетан, уыдон нын сæхæдæг цæргæ-цæрæпбонты зæр- Дылдаринаг сты... — Ахæм чысыл хъуыддæгтæ рæгъмæ рахæссыны ак- каг пе сты мах хуызæн хæлæртты ’хсæн, — дзуапп рад- та Лслæиджери. 14* 209
— 0, фæлæ алыхатт хуынтæ хастæуы, Аслæнджери? Уанцон нæу, уанцон, — Хъæссæй æмæ Аслæнджери цы уаты бадтысты, уырдæм æрбахизгæйæ, сдзырдта гыц- ци. — Уыцы æвзæр лæппумæ рынчындонмæ цы уæззау хуынтæ фæхастат де ’фсинимæ, уыдон сæхæдæг æгъ- гъæд диссаг куы сты, уæд ма дæ ардæм та цы ’фсæрм уыди? — Ма мæ къæмдзæстыг кæн, Сæниат. Ахæм рæс- тæджы цытæ æмбæлы, уый бæргæ ’мбарæм, фæлæ... цæй, ницы кæны, æз æмæ ме ’фсин фæстæдæр бараст кæндзыстæм нæ абоны цухдзинад. — Бирæ арфæтæ æмæ салæмттæ кæнын кæмæн хъæ- уы, уыдонæй нæу Аслæнджери. Мах дæр нæхиуыл хæс нæ ныууадздзыстæм, — загъта Хъæссæй. — Хорз, хорз. Разы дæн... Сымах уал мын бахатыр кæнут. Иу цалдæр минуты уал абадут, аныхæстæ кæ- нут. Тагъд уæм фæзыидзынæн, — æрбайхъуыст мæм гыц- цийы ныхас, стæй та — хæринаггæнæны дуары хъинцъ. Аслæнджери цы ’рбахаста, уый нæма федтон, фæлæ мæм афтæ фæкасти, цыма уыцы ставд, сырхфарс фæт- къуыты хæрздæфæй байдзаги мæ уат. Уыцы рæстæг æрбайгоми мæ уаты дуар. Æрбахызти Хъæссæй. Йæ къухы тæбæгъ фæткъуытæй йæ тæккæдзагæй. — Аслæджери та дып хуын æрбахаста, — бузныджы хъæлæсы уагæй загъта Хъæссæй æмæ тæбæгъ æрæвæрд- та, мæ уаты цы къапнæг стъол уыди, ууыл. Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыди, фæлæ фемдзасти мæ сынтæджы сæрмæ. Исдуг æдзынæг фæлæууыди æнæдзургæйæ. 210
Иу каст мæнмæ кодта цымыдисæй, иннæ та — сынтæ- джы сæрмæ. Æвæццæгæн, йæ цæстытыл не ’ууæндыди, дис ыл бафтыди, чысыл раздæр дзы тыхæйисæгау цы къам бакодтон, уый ныр мæ фыды къамы фарсмæ куы федта, уæд. Ныры уонг уырдыгæй йе ставд дæндæгтæ зыхъхъы- рæй дардта мæ мады ’фсымæр Алиханы къам. Рагæй йæм мæсты кодтон. Рагæй хъавыдтæн йæ раппарынмæ. Фæлæ гыццийæ æфсæрмы кодтон. Хорз у, æви æвзæр, уæддæр йæ иунæг æфсымæр у. Ныр æм нал фæлæу- уыдтæн: радыввытт æй кодтон мæ фыды къамы цурæи æмæ йын йæ бынаты ацауыгътоп Хъæссæйы хуызист. Хъæссæй нырма дæр лæууыди æдзынæгæй, æрмæст иунæг йæхæдæг кæй æмбæрста, ахæм хъуыдыты апы- гъуылгæйæ. Минутæй-мипутмæ ивта йæ цæсгомы хуыз: бæзхъуын æрфгуытæ-иу дæлæуæз сæхи ’руагътой стыр цæстытыл, æнкъард хуыз-иу афтыдтой Хъæссæйыл. Куы та-иу сæ сатæг-сау базыртыл хæрдмæ схæцыдыс- ты æмæ-иу фæрухси лæджы цæсгом, цыма-иу ыл мæй- дар æхсæвы фæстæ хуры зæрин тыптæ ахъазыдысты. Хъæссæй йæ цæстæнгас æвæндонæй фæхицæп кодта къулыл фæрсæй-фæрстæм ауыгъд дыууæ къамæй. Æв- вахс мæм бацыди, йæ къух та æрæвæрдта мæ уæхскыл, равдаугæ цæстæнгасæй пыккасти мæ цæстытæм. Цыдæр зæрдиаг ныхас зæгъын æп фæндыд. Фæлæ ’васт асыр- хи йæ цæсгом. Сфæрæзта æрмæст дыууæ дзырды: — Бузныг, хъæбул! — стæй ахæм зылд фæкодта, Аслæнджерийы иунæгæй цы уаты фæуагъта, уырдæм, дуар 211
афтæ ’нгом ахгæдта, цыма йæ фæдыл куы разгъорон, йæ габазæй йæ фæстæмæ куы ’рбаласон æмæ йæ мæ цуры куы сбадын кæнон, уымæй фæтарсти. Æдзынæг кæс- гæйæ баззадтæн йæ фæдыл. Исдуг ныллæг хъæлæсæй цыдæр зæрдиаг ныхас код- той Хъæссæй æмæ Аслæпджери, фæлæ мæм дзы бæл- вырдæй ницы хъуысти, стæй мæ уыцы уысм æндæр хъуы- ды, æндæр сагъæс сбырстой. „...Хъæссæй мæ ныртæк- кæ „хъæбул" схуыдта. Æз та йæ куыд хъуамæ хоноп нырæй фæстæмæ? Цы номæй йæм дзурон? Уыймæ, æвæц- цæгæн, нырæй фæстæмæ дæр афтæ хондзæни. Æмæ æз та? „Мæ фыд?" „Баба?" Æмæ цымæ афтæ раст уыдзæни? Адæм мыл нæ худдзысты?" Мæ уыцы фарстатæн дзуаппытæ нæма ссардтон, афтæ мæм бæстон, бæлвырдæй æрбанхъуыст Аслæн- джерийы ныхас: — Гъе, æмæ тынг хорз... Ныр мæ зæрдæ нал æхсап- дзæни дæумæ дæр, стæй Сæниат æмæ пæ сывæллæттæм дæр. Æмæ, æвæдза, сывæллæттæ Сæниаты куыд сты, пырæн фæстæмæ дæу дæр афтæ уыдзысты. „Æвæццæгæн йæ къамы хабар ракодта Лслæнджерн- пæн", — ахъуыды кодтои мæ мид-зæрдæйы. — ... Нырæй фæстæмæ уып сывæллæтты циндзинад дæр иумпаг уыдзæни æмæ, хуыцау бахизæд, фæлæ сæ хъыгдзпнад дæр. Гъе, æмæ кæд уыцы стыр бæрндзи- пад сæххæст кæпыпы фаг хъарутæ дæхпмæ дæ зæрдæ ’хсайы, уæд дын мæиæ заманайы бипоптæ, хæдзар, æмæ цæр амондимæ, хъомыл кæн сывæллæтты... Кæд мий- 212
йаг дæ зонд, дæ хъаруйыл дæ зæрдæ иæ дарыс, уæд нас ардыгæй тагъддæр айсай дæхи, уый бæрц бирæ хуыздæр уыдзæни дæхпцæп дæр, стæй Сæниат æмæ пæ сывæллæттæн дæр. Хъæздыг ие сты, фæлæ сæ рæсугъд, сабыр цард йæхæдæг стыр хъæздыгдзи- пад у. Æмæ сын исчи сæ уыцы хъæздыгдзинад нып- паплой кæна, сæ рæсугъд цард сын’ сфыдуындтæ кæна, уый мæ нæ фæндыди, стæй йæ никæмæн ныххатыр кæндзыпæн, суанг ма йæ дæуæп дæр пæ ныббарин, дæуæн. — Уыцы фарстатыл нæ дыууæ биноныг куы баныхас кодтам, Аслæнджери, рагæй фæстæмæ дæр ацы бипон- тæм, Сæниаты æмæ ме ’рдхорды сывæллæттæм цы зæр- дæ дарын, уый куы зоиыс, уæд мæ афтæ карзæй цæ- мæн фæдзæхсыс? — æрбайхъуысти мæм Хъæссæйы тыхст пыхас. — Цы зæрдæ сæм дардтай æмæ дарыс, уый дæр зопын. Фæлæ ма ноджы уый дæр зонын, Хъæссæй, мæ хæлар, æмæ, дам, чидæр йæ лæппуйы дон хæссынмæ æрвыста. Гъе, æмæ йын дурын йæ къухмæ куы лæвæрдта, уæд ахъаззаг спадта лæппуйы, стæй йæм радта дурын æмæ йæ арвыста суадонмæ. Цæмæн фæнадтай лæппуйы, зæ- гъгæ йæ куы бафарста сыхаг, уæд, дам, ын лæг загъта: „Цæмæй дурын ма асæдта, уый тыххæй. Науæд иугæр дурын куы асæдта, уæд ма аххосджыны фæнды нæм, фæпды ма, уæддæр дурыи нал баныхæсдзæни". Гъе æмæ æз дæр афтæ: æппæт дæр хорз кæй уыдзæни, уый ныфс мæ куынæ уыдаид, уæд уын æхсæны лæг не 213
суыдаин бархийæ. Уæддæр ма дæ фæдзæхсын, цæмæй цæрат тынг хæларæй, цæмæй æз, зæронд лæг, хъæстаг ма уон дæуæй дæр æмæ Сæннатæй дæр, æфхæрд, æн- къардæй макуы фенон уæ сывæллæтты. — Гъе, ууыл ма тыхс, Аслæнджери. Мæ цæст цалынмæ æрттива, уæдмæ ахæм хъуыддагæй тас нæу. Ацы сы- вæллæттæн сæ фыд мæ цæнгтыл амарди, уый зоныс, Аслæнджери, дæхæдæг дæр уым уыдтæ. Уæдæ ма йын йæ фæстаг фæдзæхст дæр хъуыды кæндзынæ. — Куыннæ, куыннæ, хорз æй хъуыды кæнын: „Хъæс- сæй, сывæллæттæ дæ фæдзæхст!" — уый ма уыди йæ фæстаг ныхас, мæгуыр, — дзуапп радта Аслæнджери. — Гъе, æмæ æз уыцы фæдзæхст куы ферох кæнон, уыцы бонæй фæстæмæ мæм хъуамæ лæджы номæй ма- чиуал сдзура. Цалынмæмын дызагътай, ды мæм æрхатыдтæ, уæдмæ мæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыди ацы бинонти- мæ мæ хъысмæт сбæттыны фæнд. Сæниатмæ кастæн, æфсымæр йæ хомæ куыд фæкæсы, ахæм цæстæй, дардтон æм æфсымæры зæрдæ, кæд кæрæдзийæ хо æмæ æфсы- мæр никуы загътам, уæддæр. Йæ сывæллæттæм дæр ын кастæн ахæм цæстæй. Æцæг сын уадиссаг æххуыс пицы кодтон, фæлæ... — Бузныг, Хъæссæй, — йæ ныхас ын фæлыг кодта Аслæнджери. — Цы сын баххуыс кодтай, уый тынг хорз зонынц пæ заводы кусджытæ се ’ппæт дæр, стæй афтæ ’нхъæлын, цыма Сæниат æмæ йæ сывæллæттæй дæр рох не сты дæ бирæ лæггæдтæ... 214
(— Дæхæдæг мын æвдисæн дæ, ацы хъуыддажы тых- хæк мын дзурын куы райдыдтай, уæд дæм куыд фæ- хæрам дæн. Тынг фæкъæмдзæстыг дæн Сæниаты раз дæр. Иу цалдæр боны йæм сдзурын дæр мæ цæсгом нал хъæцыди. Фæлæ иугæр хъуыддаг афтæ рауади, иу- гæр нæ абонæй фæстæмæ иу бинонтыл нымайдзысты адæм, уæд мæ цард, мæ бон иууылдæр хъуамæ уой мæ би- нонты, ме ссаргæ сывæллæтты... Æз тынг сæфсæрм дæн, дыууæ лæджы ныхас кæй хъуьктон, уый тыххæй. Старстæн, сæ зæрдæ мыл куы бахуда, æнæмбаргæ, къæбæда мæ куы схоной, уымæй. Æппынфæстаг, сфæнд кодтон кæртмæ мæхи асайын. Фæлæ мæ уаты дуар куы ’рбазыхъхъыр кодтон, уæд гыцци тыргъæй æрбахызти хæринæгтимæ. — Бахатыр кæи, Аслæнджери, хорз уынинаг дæ, фæ- лæ, дам, уазæг цæттæ, фысым — æдзæттæ. Цалдæр минуты фæстæ ие ’ппæт дæр бадтыстæм фынджы фарсмæ.
ÆС7ÆМ СÆР ТÆРХОИДОНЫ Гыцци æмæ Хъæссæй цыдысты мæ фæйнæ фæрсты, цыма та мæ исчи куы ныццæва, уымæй мын тарстысты. Хъæссæй хæцыди мæ рахиз къухыл, гыцци та — галп- уыл. Мæ зæрдьтл æрлæууыди, фыццаг боп скъоламæ куыцыдтæн, уый. Уæддæр мæ се ’хсæн афтæ скодтой гыцци æмæ мæ фыд. Уыдон дæр афтæ хæцыдысты мæ фæйнæ къухыл. Амыдтой мын, скъолайы мæхи куыд хъуамæ дарон, ахуыргæнæгмæ куыд хъусып хъæуы, фыдуаг митæ кæнын кæй не ’мбæлы къласы дæр æмæ уынджы дæр. Æмæ мын цынæ амыдтой, иæхнцæй скъо- ламæ цалынмæ бахæццæ стæм, уæдмæ. — Æппæтæй сæйрагдæр уый у, Инал, мæ хъæбул, — мæ хъуыдытæй мæ фæхицæн кодта гыцци, •— цæмæп тæрхоны лæгтæн радзурай, хъуыддаг æцæгæй куыд уыди, Хъæссæй дæ куыд фæдзæхста, афтæ. Хъуыддаг æцæг куыд уыди, уымæ иунæг уæлдай дзырд дæр хъуа- мæ ма бафтауай. Нæ биноптæй мæнгдзураг ничи уыди æмæ’дзы нырæй фæстæмæ дæр хъуамæ ма уа ахæм. „Хъæссæй мын афтæ бирæ хæттыты дзырдта. Суапг 216
ш мæ дысон дæр е}æдзæ;хста, — хъуыды кодтон мæхи- нымæр. — Фæлæ гыцци цы кодта? Цæмæн фæивта йæ хъуыды? Хæрзæрæджы дæр ма афтæ куы дзырдта: „Дзур-иу алцы дæр, цæмæй сып карздæр тæрхон рахæс- сой, уый тыххæй, зæгъгæ. Цас сæ тынгдæр бафхæрой, цас сæ фьтлдæр фæджиуын кæпоп талынг ахæстопы, уый бæрц—хуыздæр. Æниу сын æхст куы аскъуыд- дзаг кæниккой мæ фæпдиаг. Уадз æмæ фæсивæд тæр- сой, зоной, фыдга^пæгæп хатыр кæй нæ вæййы, тæр- сой æмæ сæхн хизой галиу митæй". Ныр йæ хъуыды цæхгæр фæзылдта. Ныр мæ фæ- дзæхсгæ кæны, цы уыди, уымæй уæлдай, дам, мацы зæгъ, мæиг пыхас, дам, хъæдбыны дæр не ’мбæлы зæ- гъып. Цæмæн афтæ у? Кæд ын Хъæссæй исты дзырдта? Æви Бæбийы мад æмæ фыд уымæ дæр хатыдысты, — æртасын æй кодтой, балæгъзтæ йын кодтой, цæмæй гыцци та мæн бафæдзæхса? Науæд гыцци дæр æмæ Хъæссæй дæр афтæ цæмæн хъуыды кæныпц, цы уыди, иы нæ уыди, уыдоп дæр æрымысдзынæн, гæды иыхæс- тæ фæкæндзынæн тæрхоны лæгты раз, мæиг ныхасгæпæ- джы ном сæвæрыи кæыдзынæп нæ хæдзарвæндагыл? Цы уыди, цы федтон, уыдон сæхæдæг фагæй уæлдай куы сты, уæд ма сæм уæлдæйттæ та цæмæп хъуамæ ’фтауон? Фæлæ мæ зион Бæбийы мад æмæ фыд цæуыл ар- дыдтой, балхæнынмæ мæ куыд хъавыдысты, афтæ дæр нæ бакæндзынæн. Æрбацыдысты мæм хæдзармæ. Æр- баййæфтой мæ иунæгæй. Бидыры хъазы уагъд сæхи 217
акодтой мæ разы. Чи загътаид, фарон дæр ма мын мæ туг æхсныфæй чи нозта, скъолайæ мæ хауæггаг чи фæ- кодта, уыцы дурзæрдæ, сæрыстыр директор æмæ йæ би- нойнаг — математикæйы ахуыргæнæг — сæ сæртæ ’ркъул кæной искæй раз? Нæ иунæг лæппуйы хъысмæт, дам, дæ къухы ис, ма йæ фесаф, ма йæ бабын кæн. Иннæ дыууæ лæппуйы, дам, ахуыр сты ахæстоныл, уыдонæн, дам, ницыу, фæлæ нæ иунæг, нæ иунæг.’Æртæбоныйед- тæмæ нæма у ахст, æмæ ныридæгæн йæ хуыз фæцыди, къæхтыл нал лæууы, фæсмонæй йæхи ’ргæвды. Афтæ, дам, зæгъ, райдайæны Бæби уым нæ уыди, æрæджийау кæцæйдæр æрбафтыд уырдæм, фæлæ хылгæнджытæм æввахс не ’рбацыди. Ардаугæ дæр никæй кодта æмæ иргъæвгæ дæр, стæй, зæгъ, æй кард дæтгæ дæр нæ федтон, æвæццæгæн ыл мысгæ ’ркодтой æцæг аххос- джынтæ... Æмæ мын цынæ дзырдтой, цынæ мын амыдтой, цæ- мæй мын нæ бавæрдтой зæрдæ. Нæ хæдзары, дам, нæ- хицæн адджын ницыуал скæндзыстæм. Лæппу, дам, ахæстоны сбаддзæн, йæ ахуыр ныкъкъуылымпы уыдзæн, уый дæуæн ницы пайда у, фæлæ дæхи дзыхæй цас зæгъай, уый бæрц æхца дын дæ дзыппы нывæрдзыстæм. Бæбийы фыд цалдæр хатты йæ къух йæ дзыппы нытътъыста, цыма æхца иста, уыйау, стæй та-иу цыдæр фæхъуыды кодта æмæ та-иу ногæй дзурын райдыдта. Бæбийы мад та иууыл æрдхæрæн фæци: сывæллонау куыдта мæ разы, лæгъзтæ мын кодта, суанг ма мæ йæ хъæбул дæр схуыдта. Ахæм дурзæрдæ адæймагмæ дæр 218
цæссыгтæ вæййы, уый мæ ницæй тыххæй бауырныд- таид, мæхи цæстæй йæ куынæ федтаин, уæд. Хорз уыди, æмæ гыцци кæнæ Хъæссæй хæдзарынæ уыдысты, æндæра сырды фæуыдаиккой ме нæхонгæ уазджытæ. Тæрховдоны стыр зал йæ тæккæдзаг уыди адæмæй. Бандæттæ кæй нал фæци, уыдон лæууыдысты къулгæ- рæтты æмæ дуары фæйнæ фарс. Сæ фылдæр уыдысты фæсивæд — чызджытæ æмæ лæппутæ. Дзæвгар дзыуыди ацæргæ адæймæгтæ дæр. Тæккæ раззаг рæнхъыл бад- тысты Будзийы мад æмæ фыд, сæ сыиæгтæ кæрæдзи- мæ сыздахгæйæ, стæй Хазбийы мад. Чысыл фалдæр, аххосджынты бандонмæ хæрзæввахс сæхицæн бынæттæ бацахстой Бæбийы мад æмæ фыд. Бирæ дзы уыди, заводы кæимæ куыстон, уыцы фæсивæдæй (æвæццæгæн, изæры сменæйы куыстой æмæ бон та сæрибар уыдыс- ты). Стæй изæры скъолайы кæимæ ахуыр кодтон, уы- донæй дæр. Æппынфæстаг мæ цæст схæцыди Æхсар æмæ Зæлинæйыл. Уыдон лæууыдысты залы иу къуымы, къулыл æнцойгæнгæйæ. Æхсар цыдæр дзырдта Зæ- линæйæн. Чызг йæ мидбылты бахудти. Æхсар мын цы- дæр ацамыдта йæ къухæй. Æвæццæгæн мын дзырдта, фидар лæу, мах дæр мæнæ стæм, зæгъгæ. Уæд нæ бамбæрстон, Æхсар, мæ хуыздæр хæлар, Зæлинæйы цур кæй лæууыди, уый цæмæн фелхыскъ кодта мæ зæрдæ, цæмæн мын уыди афтæ зын. Залы кæд утæппæт адæм уыди, уæддæр ма адæм цыдысты æмæ цыдысты. Æппынфæстаг, къæсæрыл фæзынд иу милиционер. Йæ фæстæ сæргуыбырæй æрба- 219
хызтн Хазби, стæй та —Будзи æмæЪæби. Се ’ппæт дæр, уыдысты бæгъæмсир æмæ ропбæгъд, сæ сæртæ — бын- дзарыл æлвыд, сæ къухтæ — сæ сннтыл æвæрд. Сæ фæс- тæ србацыди ноджы дыууæ мплициоиеры. Лдæмсæ цгхзс- тæнгас скодтой ахст лæппутæм. Чи сып тæригъæд код- та, чи та —- уайдзæф. Хазби æмæ йе ’мбæлттæ æрбадтысты аххосджыиты бандоныл. Хæстæввонгæй сæ уæлхъус æрлæууыдысты мплициопертæ, цыма сып искуыдæм алидзынæй тарсты- сты. Бæбийæн инцы уыди (уый нырма хæрзæрæджы æр- цахстой),фазлæ Хазби æмæ Будзпйы цæсгæмттыл схæцыд цавæрдæр мæрдои хуыз: цæстытæ ныкъкъуырф сты, уа- дултæ мидæмæ бахаудтой. Адæймаг иу мæймæ афтæ сфыдхуыз, афтæ бахус уа, уыймæ никуы бауырныдтаид. Æдзынæг кæсгæйæ сæм баззадтæн. Мæ сæры магъзы сæ- мтъер сты алыгъуызон фæндтæ æмæ хъуыдытæ. Раст цы- ма сæ бæсты æз бадтæи аххосджыны бандоиыл, цыма æртæ милиционеры хæстæввонгæй мæ уæлхъус лæууынц, афтæ стыхстæп. Хъуысыи мæм байдыдта мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. — Куыд кæсын, афтæмæн сыи тæригъæд кæнын бай- дыдтай, Инал, — хъуыдытæп мæ фæхицæн кодта Хъæс- сæй. — Мæ мард феп, Хъæссæй, кæд сын мæхæдæг дæр пæ райдыдтои тæригъæд кæнын. Бакæс-ма сæм: карчы лæпйынтæ къæвда бон куыд баргъæвсынц, афтæ бам- пылдысты, баргъæвстысты. Сæхæдæг дæр куыинæ, фæ- 220'
лæ мæгуыр сæ ныййарджытæ сты, сæ ныййарджытæ, ацы ’ппæт адæм кæмæ ’ркастысты, — æрхæндæг хъæлæсæй загъта гыцци æмæ йæ куыд ничи бафиппайдтаид, афтæ асæрфта йæ цæсты бынтæ. — Афоныл сын хицау куы фæуыдаид, фыццаг хатт куы бахаудтой, уæд мæм уый бæрц лæгдзинад куы ра- зындаид æмæ сæ æвджидæй куы рауадзын кодтаин, завод- мæ сæ куы бакодтаин кусынмæ, уæд, чи зоны, мæ бон бауыдаид галиу фæидагæй сæ фæиппæрд кæнын, фæлæ мæ костюм дæр кæй адавтой, уып тыххæй сæм æгæр смæс- ты дæп. Нæ ахъуыды кодтоп дыууæ æрыгон лæппуны хъысмæтыл, — ныллæг хъæлæсæй йæхппмæ загъд кодта Хъæссæй, стæй ахæм бынуæзæй ныуулæфыди, раст цыма хъуыддæгтæ иууылдæр уый аххосæй афтæ рауа- дысты. — Цымæ пыр байрæджы ис? — фембæрста йæ мæ мад æмæ цавæрдæр лæгъзтæгæнæджы каст бакодта Хъæс- сæймæ. Лæг исдуг цæуылдæр ахъуыды кодта, стæп дзуаип радта: — Цæмæп байрæджы пс? Адæймагæи йæ рæдыд бам- барып кæнын, æвзæрдзппадæн йæ баиргъæвыиыл кæд- дæриддæр ис бафæлварæн... Чи зоны ма сæ псты пай- дайы адæймæгтæ рауаид, — погæй та ныккатай кодта уый æмæ къæмдзæстыг цæстæпгасæй бакасти фыццаг ахст лæипутæи сæхнмæ, стæй та Бæбийы мад æмæ фыдмæ. Уыдон бадтысты ныгъуылд, сæргуыбырæй. Афтæ мæм фæкасти, цыма хæрзæрæджы дæр ма хъал, сæр- 221
бæрзондæй чи цыди, искуы исты маст, исты æнамонд- дзинад се ’мгæрæтты ауайдзæни, уый кæй фæсонæрхæ- джы нæ уыди, уыцы мад æмæ фыд цыма дысонæй ныр- мæ бирæ фæзæронддæр, фæфыдхуыздæр сты. — Тæригъæд сты, кæд сæхи аххос у, уæддæр, — ногæй та загъта* гыцци æмæ хъæрзæгау ныуулæфыд. Æз дисгæнæджы цæстæнгасæй бакастæн мæ мадмæ, фæлæ дзургæ ницы скодтон. Фæстаг дыууæ боны дæргъы фæхъуыды кодтон, тæрхоны лæгты раз цы дзурдзынæн, ме знæгты куыд æмæ цæмæй зылын кæндзынæн, ууыл. Зæгъынмæ цы хъавыдтæн, уый ма суанг фысгæ дæр ныккодтон. Ба- кастæн æй. Цыдæртæ дзы аппæрстон, цыдæртæ ма йæм бафтыдтои. Уый фæстæ йæ ногæй рафыстои, стæй йæ ахуыр кæнын байдыдтон, цалынмæ йæ æнæкæсгæ- йæ мæ зæрдыл хорз бадардтон, уæдмæ. Бакастæн æй Хъæссæйæн дæр. Уып мæм хъусгæ лæмбынæг бакодта, фæлæ хорз ныффыстон, исты ма йæм бафтауып хъæуы, æви нæ, уый тыххæй мын ницы загътд, æрмæст йæ сæр банкъуыста, сагъæсгæнæгау. Мæ хуыссæнуаты дæр ма йæ мæхинымæр дыууæ, æви æртæ хатты æнæкæсгæйæ радзырдтон. Дзургæ йæ хорз кодтон, фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма мæ хъæуы цахæмдæр тых- джын, цыргъ дзырдтæ зæгъын, цæмæй дзы алы дзырд дæр, судзинау, ныхса канд тæрхоны лæгты нæ, фæлæ, чи хъуса, уыдонæн се ’ппæты зæрдæты дæр, цæмæй кæуынты фæкæной Хазби æмæ йе ’мбæлтты, стæй сæ ныййарджыты дæр. Æмæ ахæм цыргъ дзырдтæ, тых- 222
джын хъуыдыуæттæ рымысын мæ бон кæй нæ баци, уый тыххæй мæхимæ смæсты дæн, афтæмæй бафынæй дæн. Ныр ахст лæппуты мæрдвæлурс цæсгæмттæ æмæ къуырф цæстытæ куы федтон, уæд та мæхимæ фæкас- тæн тыпг æгъатыр æмæ дурзæрдæ. Мæ ныхасы æппæ- тæй лæмæгъдæр дзырд дæр мæм кæсын байдыдта, топпы нæмыгау, тыхджын, сæрдасæны комау, цыргъ, уыцы иу æрцъыккæй лæджы бæрзæй чи акъуырдзæни, ахæм. Æваст райхъуысти цавæрдæр чысыл дзæнгæрæджы дзыгъал-мыгъул. Адæм сæ бынæттæй цырд фестадысты. Лæгтæ систой сæ худтæ. Слæууыдысты гыцци æмæ Хъæссæй дæр. Сæ цæстæнгас скодтой, уæлвонг ран даргъ стъолы фарсмæ æртæ къæлæтджын бандоны ’вæрд кæм ис, уый фæстæ дуармæ. Бадгæйæ ма баз- задтæн æрмæст æз: нæ бамбæрстон, адæм зæрондæй, æрыгоны онг цæй тыххæй сыстадысты, дуармæ цæй тыххæй иымдзаст сты, уый. — Тæрхоны лæгтæ ’рбацæуынц. Ды дæр слæу, афтæ ’мбæлы, — фæгуыбыр мæм кодта æмæ мын мæ хъусы бадзырдта Хъæссæй, стæй мын арæхстгай схæцыди мæ къухыл, цыма мæхицæи мæ бон нал уыди мæ къæхтыл слæууын æмæ мын баххуыс кæнынмæ хъавыди, уыйау. — Гъе, уый дын тæрхоны лæгтæ, гъе! — мæхинымæр загътон, тæрхоны лæгты дыууæ сылгоймаджы æмæ иу лæг стъолы фарсмæ ’рбадгæ куы федтон, уæд. Æртык- каг сылгоймаг та ’рбынат кодта, чысыл æддæдæр цы къаннæг стъол æвæрд уыди, уым. — Адон иууылдæр сылгоймæгтæ куы сты, уæд сæ „тæрхоны лæгтæ" та 223
цæмæн хопынц? „Тæрхоны сылгоймæгтæ11 сæ куы хо- никкой, цымæ уæд растдæр нæ уаид? Уæдæй диссаг- дæр та мæм уый фæкасти „тæрхоны сылгоймæгты" ’хсæн цы иунæг нæлгоймаг уыди, уый Аслæнджери кæй ра- зынди. Мæ цæстытыл не ’ууæндыдтæн. Не ’мбæрстон, нæ цехы хистæр „тæрхоны сылгоймæгтимæ" цæмæи хъуамæ уа, уым æй цы хъуыддаг ис, уый. Уыцы фæ- тæнтæарæзт лæг куы ’рбадти стъолы фарсмæ, уæд сыл- гопмæгтæ йæ цуры зындысты æнахъом сабиты хуызæн. Адæм сæ бынæтты куы сбадтысты, куы ныхъхъус сты, уæд мын Хъæссæй ныллæг хъæлæсæй бамбарын кодта, зæгъгæ, астæуккаг къæлæтджыныл цы ныллæг- гомау къæсхуыртæсылгоймагбады, уый тæрхоидоны сæр- дар у, иннæ сылгоймаг æмæ Аслæнджери та — æмтæр- хоигæнджытæ. Райдыдта тæрхоп. Сæрдар йæ къухмæ систа иу гæххæтты сыф, бакастн дзы Хазби æмæ йе ’мбæлтты, мæи, Зæлинæйы, стæй цавæрдæр милициоперы мыггæг- тæ æмæ пæмттæ. „Уып, æвæццæгæп, уыцы ’хсæв Зæлинæ фæдис кæ- мæ пыхъхъæр кодта, уыцы мплициопер у",-—ахъуыды кодтон æз æмæ йæ цæстæнгасæй агурыи райдыдтоп адæ- мы ’хсæн, фæлæ йæ не ссардтон. Æвдисæптæп цавæрдæр гæххæттыл сæ къухтæ æр- фыссын кодтой, стæй сæ арвыстоп генхъæлмæкæсæн уат- мæ. Тыпг хъыг мып уыди, Зæлинæпы дæр кæп арвыстои, уын.’Афтæ мæм фæкасти, цыма уыцы стыр залы баз- задыстæм лæгæй-лæгмæ æз æмæ тæрхонгæнджытæ. 224
Цæмæй мæ нæ бафарста тæрхондоны сæрдар, цы ’гъдауæй мæ нæ къахта! Иу хатт нæхицæн æндæр го- рæтм-æ куы алыгътæн, уæд уым куыд фембæлдтæн Хазби æмæ Будзийыл, хæрæндонмæ мæ куыд фæхуыдтой, стæй мæ лидзинаг куыд фæкодтой сæ фидистæ æмæ уайдзæфтæй, уыдæттæ дæр ма мын æрымысыди. Хæрæн- доны къæсæрыл ныл цы ныллæггомау бæзæрхыг лæп- пу-лæг фембæлди, стæй фыпджы фарсмæ стыр хицауы бадт чи ’ркодта, Хазби æмæ Будзи комкоммæ бакæсып дæр кæмæ нæ уæндыдысты, суапг ма дзы уый дæр нæ ферохи. Дис мыл бафтыди, зæгъын, афтæ бæстон кæмæй фехъуыста хабæрттæ. „Æвæццæгæн, Хазби æмæБудзи- йæ чидæр æппæт дæр радзырдта", — загътон мæхины- мæр. Фæлæ се ’ппæт хъуыддæгтыл дæр кæй басастыс- ты, уымæй раст бакодтой, æви фæрæдыдысты, уый ра- хатын мæ бон нæ баци. Домбайы кой (афтæ хуынди, хæрæндоны раз ныл чи фембæлди, уыцы лæппу-лæг) ма æз уый агъоммæ кæд- дæрты фехъуыстон Хазби æмæ Будзийæ, фæлæ чи у, цы сын бавæййы, се ’мгар нæу, афтæмæп куыд схæлар сты, уыдæттæн ницы зыдтои. Æмæ йæ хæрæндоны куы федтон, уæддæр дзы уæлдай ницы базыдтон. Гъег æмæ ныр цы хъуамæ загътаин тæрхондоны сæр- дарæн? Хылы хабар куы радзырдтоп тæрхопы лæгтæн, уæд ныхъхъус дæч. „Нæ зонын\.. „Нæ федтоп", „нæ фе - хъуысточ"-æ:^[ дардаæр ничыуа! злгьгзл суанг ма Ас- 15* 225
лæпджерийы фарстытæн дæр. Уый-иу мæ сынтæджы раз куы бадти рынчындоны, уæд ын æппæт дæр фæ- ’ дзырдтоп, æппæт дæр хорз зыдта, афтæмæй мыл ныр. рафæрс-бафæрсыл цæмæн схæцыди, уый не ’мбæрстон. Мæхинымæр ма йын уайдзæф дæр бакодтон. Бирæ рæстæг бахардз кодтой аххосджынты рафæрс- бафæрсыл. Хазби, æвæдза, æппæт дæр радзырдта цы- бырæй, фæлæ бæстон. Иунæг дзырд дæр нæ загъта йæхи сраст кæныны тыххæй. Дзырдта хæрз ныллæг хъæлæсæй, йæ ныхас æрмæст тæрхоны лæгтæм куыд хъуыстаид, афтæ. Йæ уæнгтæ рызтысты, тæфсæгæй рынчыны уæнгтау. Иу хатт ма йæ цæсты бынтæ дæр асæрфта. Фæлæ сæ уый хыгъд бирæ фæрасай-басай- кодта Будзи. Йæ дзуаппыты фылдæр хай уыдысты „нæ зонынтæ". Бæби та бынтоидæр ницæуыл састи, цалынмæ Будзи æмæ Хазби æргом радзырдтой уый тых- хæй, уæдмæ. Бафарстой милиционеры дæр. Æппынфæстаг, фæдзырдтой Зæлинæмæ. Уый, æф- сæрмгæнгæ, ’рбахызти къæсæрæй. Афтæ мæм фæкасти, цыма тынг ныррухси тæрхондоны агъуыст, стæй мæ зæрдæ дæр. Куыд фæбузныг дæн Зæлинæйæ, цы федта, бæлвыр- дæй цы зыдта, уымæй дарддæр кæй ницы загъта тæр- хоны лæгты бирæ фæрстытæн, уый тыххæй. Уьщы ха- бар фæцыди Аслæнджерийы зæрдæмæ дæр. Бæлвыр- дæй разынди йæ цæсгомы уагыл. „Исты куы зæгъай, уæд дын удæгасæй ныууадзæн нал ис", зæгъгæ, афтæ 226
йæм кæй æртхъирæн кодта Бæби, Зæлпнæ суанг уый дæр пе схъæр кодта тæрхоны лæгтæн. Дæргъвæтин пыхас ракодта, прокурор кæй хуыдтой, уыцы ацæргæ бæзæрхыг лæг. Уый афтæ хъæрæй дзырд- та, йæ къухтæ æмæ йæ бындзарыл даст сæр ахæм тылд кодта, æмæ ма дзы мæхæдæг дæр старстæп. Арæх кодта цавæрдæр кодексты, цавæрдæр статьяты кой, тæрхонгæнджытæй домдта, цæмæй аххосджынтæп рахæссой, закъон цас амоны, уый бæрц карз тæрхоп. Уæлдай тынгдæр дзырдта, чи мæ барæхуыста æмæ йæм кард чи авæрдта, уыдоныл, Будзи æмæ Бæбийы пых- мæ. Сæ сæртæ ныллæг æруагътон лæппутæ, стæй сæ ныййарджытæ дæр. Цавæрдæр сагъæсы фæд фæзынд гыц- ци æмæ Хъæссæйы цæсгæмттыл. Цæйдæр тыххæй мæм афтæ дæр фæкасти, цыма Хъæссæй разы нæу мæнæй. Æнахуыр æнкъард цæстæнгасæй мæм касти Аслæн- джери. „Чи зопы сæ исты пайдайы лæгтæ рауадаид!" — мæ зæрдыл та ’рбалæууыдысты Хъæссæйы ныхæстæ. Мæ зæрда^ мæм афтæ сдзырдта, цыма Хазби æмæ йе ’мбæлт- тæ пыртæккæ аххосджынты бандоныл кæй бадынц, тæрхоп сыл кæй кæнынц, прокурор сæ карз бафхæрыи кæй домы, пайдайы лæгтæ сæ кæй нал рауайдзæии, æп- пæт уыдон мæн аххосæй афтæ рауадысты. Гъе, æмæ та загъд кæпып райдыдтон мæхиимæ. Иогæй та мæ цæстытыл ауадысты, уыцы фыдбылызы хыл куыд рай- дыдта æмæ цæуыл ахицæни, уыдон. Афтæ мæм 227
фæкасти, цыма мæ разы кæй бабадтысты, кæй мæ фæ- надтой, уый, стæй карды цæф æмæ иу мæй рынчын- доны фæхуыссын, æппæт уыдон бынтондæр ницы сты, ныртæккæ ’ртæ лæппуйы аххосджынты бандопыл кæй бадынц, уый раз. Фæсмон мæм æрцыди, фарстагæнæгæн, стæй тæрхоны лæгтæн цы бæлвырд хабæрттæ фæдзырд- тон, уыдон тыххæй. „Цымæ афтæ зæгъæн нæ уыди, иу хыл дæр дзы нæ уыди æмæ иу разыбадт дæр, хъаз- гæйæ афтæ рауади, зæгъгæ?" — фарстон мæхи æмæ, цыма, мæ хъустыл ауади Аслæнджерийы фарст: „Уæдæ мып рымчындоны кæй фæдзырдтай, уыдон иууылдæр мæнг ныхæстæ уыдысты? Мысгæ сæ ’ркодтай?" Стæй та тæрхондоны сæрдары фарст: „Кæд хъазгæйæ афтæ рауади, уæд ма „амардтой йæ", зæгъгæ, та цæмæн хъæр кодтой фæди:?и „Нæй, нæ фæрæдыдтæн, æппæт дæр раст кæй ра- дзырдтон, уæмæй, — алыг кодтон æппынфæстаг. — Фæлæ сын, прокурор куыд домы, афтæ карз скъуыддзаг куы рахæссой, уæд тæригъæд сты лæппутæ". Тæрхондоны сæрдар фæстаг ныхасы бар радта Хаз- бийæн. Уый сыстади йæ бадæнæй. Йæ сæрыл уæлæмæ не ’схæцыди, исдуг афтæмæй алæууыди, стæй æнкъар- дæй сдзырдта: — Цæвгæ иикæй иыккодтои, фæлæ иргъæвыны бæсты Иналы къухтыл кæй ныххæцыдтæн, уымæй аххосджын дæн æмæ мын стæрхон кæнут, растдæр уæм куыд кæсы , афтæ. Хазби сбадти æмæ та йæ къæхты бынмæ ныккасти, 228
Фæлæ Будзи куы райдыдта дзурын, уæд кæрон нал ардта йæ ныхасæн. Бындз абадын нæ уагъта йæхиуыл. Æппæт аххосæгтæ дæр æппæрста иннæ дыууæ лæп- пумæ, уæлдайдæр та Бæбимæ. Кард дæр, дам, уымæ уыди æмæ дзы цæвгæ дæр, æвæццæгæн, йæхæдæг нык- кодта, æрмæст, дам, Инал нæ базыдта, чи йæ ныццав- та, уый. Æмæ цы нæ дзырдта, цыпæ амæлттæй фæл- вæрдта йæ хъуыддаг фæрогдæр кæныныл. Иууыл диссаг та фæци Бæби. Цынæ ’рымысыди йе ’мбæлттыл, цынæ сыл радзырдта! Суанг ма мæи аххос- джын кæныныл дæр бафæлвæрдта. Фидистæ æмæ æрт- хъирæнтыл дæр нæ сауæрста. Тæрхоны лæгтæ йæм цы- ’мыдисæй кастысты, сæ сæртæ ’пкъусгæ, йæ мад æмæ фыд та бадтысты сæрыстырæй. Æвæццæгæн, сæ зæрдæты ныфс бацьтд, сæ фырт йæхи кæй фервæзын кæидзæн, уый æнхъæлцауæй. Раздæрæй тынгдæр смæсты дæн Бæбимæ, фæлæ мын дзурыны бар нæ уыдис. Стæй мæ тæрхондоны сæр- дар куы бафарста, ды та цы зæгъдзынæ, тæрхондонæй цы курыс, зæгъгæ, уæд хъуыдыты малы аныгъуылдтæн: „Цы курын тæрхондонæй? Цы сын хъуамæ зæгъоп? Стæй цы бакæнын хъæуы, уый сæхæдæг нæ зоныиц? Ныры онг нæ зыдтон, тæрхондоны лæгтæй исты куры- ны бар ис, уый æмæ йыл хъуыды дæр нæ кодтон. Гъе, æмæ сæ ныр цы ракурон, уый æрымысын мæ къухты не ’фтыди. Хъæссæй æмæ гыцци бæргæ мæ фæйнæ фарс бадтысты, фæлæ уыдон дæр ныхъхъусысты. Сæ цæс- тæнгас скодтой, аххосджынты бандоныл чи бадти, ныр- 229
тæккæ тæрхонгæплжытæй цы бадомдзынæн, уый фе- хъугыпмæ чи ’пхъæлмæ касти, уыцы лæппутæм. Фæлæ уыдон сæхи афтæ дардтоп, раст мæ цыма тæрхондоны сæрдар цæмæй фарста, уый пæ фехъуыстой, науæд та сæм бынтондæр никæцы ’рдыгæй хауд. — Цæй-ма, лæппу, дæумæ æнхъæлмæ кæсæм. Дзур, цы зæгъинаг дæ, тæрхондонæй цы курыс, — бынтон æнæзонгæ, æцæгæлон лæджы хъæлæсæй мæм æрба- дзырдта Аслæнджери. Йæ хъæлæсы уаг мæм цæйдæр тыххæй афтæ фæка- сти, цыма мæ фæрсы: „Тынг бафхæрæм ацы лæппуты, æви сын ныххатыр кæнæм?" Лæууыдтæн, хъуыды кодтон, тыхстæы. Фæлæ ницы бæрæг-бæлвырд хъуыды цыди мæ сæрмæ. Утæппæт адæм мæнмæ кæй æихъæмæ кастысты, уый та мæ уæлдай тынгдæр тыхсын кодта. — Зæгъ, мæ хур, зæгъ. Дæ зæрдæ дæм куыд дзу- ры, афтæ зæгъ. Æфсæрмы ма кæн,— сындæггай мæм бадзырдта гыцци. — Æрмæст... — Æрмæст мастисыны фæндагыл ма ацу, уый æвзæр хъуыддаг у, маст исын, — гыццийы „æрмæст" баххæст кодта Хъæссæй, —- Нæ зонын, цы зæгъон, — бафæрæзтон æппынфæс- таг. — Кæд мын исты зæгъыны бар ис, кæд ацы хъуыд- даджы мæ иыхас дæр исты кæрды, уæд мæ афтæ фæн- дыу цæмæй мæн тыххæй макæй бафхæрат. Кæд исты амал ис, уæд сæ ссæрибар кæнут. Лæппутæ фæрæды- дысты, фæлæ... Чи зоны, мæхи аххос дæр дзы исты 230
уыди.. Чи зоны сæ исты пайдайы лæгтæ рауапа,— æнæрхъуыдыйæ загътон, Хъæссæйæ цалдæр хатты цы ныхас фехъуыстон,,уый. Тыиг дзы фефсæрмы дæн æмæ мæ бынаты абадтæн. Æваст фæивта Хъæссæйы цæсгомы хуыз. Фесхъиу- фесхъиу райдыдта йæ бинаг был. Афтæ фæкæны Хъæс- сæй, исты æхсызгон кæнæ хъыджы хабар куы фехъу- сы, уæд. Ныр ацу, æмæ бамбар, мæ ныхас ын æхсыз- гон уыди, æви хъыг. — Раст загътай, хъæбул, тынг раст загътай. Ныр тæрхоны лæгтæ цы аскъуыддзаг кæной, уый дæу ах- хос нал уыдзæн, -— æрмæст æй æз куыд фехъуыстаип, афтæ ныллæг хъæлæсæй мæ раппæлыдн гыцци. Адæм базмæлыдысты сæ бынæтты. Æваст фæрухси Аслæнджерийы цæсгом. Разыйы ’нкъуыст бакодта йæ сæр, йæ мидбылты мæм фæлмæн бахудти, стæй цыдæр бадзырдта тæрхондоны сæрдары хъусы. Уый дызæр- дыггæнæджы змæлд бакодта йæ уæхсчытæ. Хъæссæй йæ къух æрæвæрдта мæ уæхскыл. — Тæрхондоны закъæттæм гæсгæ, чи зоны, ам мæ- пæн дзырды бар нæй, стæй, æвæццæгæн, æмбæлгæ дæр нæ кæны, — йæ бадæнæй сыстгæйæ, загъта Хъæс- сæй. — Раст загъта Инал. Чи зоны сæ исты пайдайы лæгтæ рацæуа. Ацы хабар куы ’рцыдис, уæдæй нырмæ мæхи фæрсып: „Цымæ ’ппæт дæр сарæзтам уæртæ уы- цы дыууæ лæппуйы царды раст фæндагыл сæвæрыны тыххæй? Цымæ æппæт фæрæзтæй дæр спайда кодтам се схъомыл кæныиы хъуыддаджы? Бауырныдта нæ, 231
галиу фæндагæй раздæхæн гын нал ис, уый? Дыууæ лæппуйы кой уымæп кæнын, æмæ æртыккагæы пæхи- цæн хорз хъомылгæнджытæ ис, адæмы сывæллæтты сæхæдæг хъомыл кæпыпц, фæлтæрд ахуыргæнджытæ сты... Хазби æмæ Будзи аххосджып кæй сты, ууыл сæхæдæг дæр басастысты тæрхоны лæгты раз. Ныр мæм иу стыр куырдиат ис, кæд закъон бар дæдты, тæрхоиы лæгтæ сразы уыдзысты, уæд сæ ахæстонмæ мауал арвитут. Фæлтау сæ фидар къухфыст куы рай- сиккат, цæмæй бон кусгæ кæной, изæрæй та ахуыр, уæд, мæнмæгæсгæ, нæ фæрæдииккат. Бакæнут сæ мæн æмæ Аслæнджерийы бæрн, æрмæст мах заводы ку- сæпт. Аслæпджерийы цехы кусджытæ сын баххуыс кæндзысты, куысты дæспыйад сыи бацамондзысты, раст фæндагыл сæ слæууын кæндзысты. Адæм сæ цæстæнгас скодтой Хъæссæймæ. Иуæй- иутæ дзы разыйы ’нкъуыст кодтой сæ сæртæ. — Тæрхоны лæгтæ цæуынц уынаффæ райсынмæ, — фехъусын кодта сæрдар æмæ сыстади йæ бæрзонд къæ- лæтджын бандонæй. Сыстадысты æмтæрхонгæнджытæ дæр. Ацыдысты пннæ уатмæ. Сæ фæдыл æдзынæг кас- тысты, кæуыл тæрхон кодтой, аххосджыны бандоныл цы æртæ лæппуйы бадти, уыдон. — Хазби — æнкъард, къæм- дзæстыгæй, иннæ дыууæ та—къæйных, мидбылхудгæ. Залы адæм, раздæрау, бадтысты æицад, æнæсы- бырттæй. Æнхъæлмæ кастысты тæрхоны скъуыддзаг фехъусынмæ. Фæлæ тæрхоны лæгтæ æрæгмæ куы здæхтысты, 232
уæд адæм, къордгай пыхас кæнып райдыдтой. Быцæу кодтой, æртæ лæппуйæ тынгдæр аххосджьш чи у, карз- дæр бафхæрын сæ кæмæн æмбæлы, уый фæдыл. Хæрз- æввахс мæм цы дыууæ сылгоймаджы бадти, уыдопмæ та рауади ахæм ныхас: — Мæнмæ афтæ кæсы, цыма адæймагмæ кард æнæ- аххосæй ничи ныддардзæн. Фæлæ сæ, æвæццæгæн, тыхджын смæсты кодта ацы мæлинаг æмæ лæппутæ дæр сæ сонт зонды фæдыл ацыдысты... Хъуыддаг мæ бар куы уаид, уæд ацы дæлимоны дæр уыдоны фарсмæ сбадын кæнин, уыдоиæй йын карздæр тæрхон скæнин,— мæны ’рдæм йæ къухæй амонгæйæ, дзырдта сæ иу. — Ныр цытæ дзурыс, Хъызмыдæ? Мад куы дæ, уæд ахæм ныхас куыд бафæрæзтай? Хуыцау бахизæд, фæлæ дын, зæгъæм, дæ лæппутæй искæйы афтæ ныр- рæхуыстой, уæддæр цымæ афтæ зæгъис? Нæ мæ уырны. — Мæ фырттæи ахæмтæй тас нæу, уыдон æндæр зондахастыл хъомыл сты... Æниу Сæниаты иæ аххос- джын кæнын. Æнæфыдæй йæ афтæ схъомыл кæнын кæй бафæрæзта, уый дæр диссаг у... Æппæтæй тынг- дæр мæ уæртæ уыцы лæппуйы мæт ис. Йæхæдæг цахæм у, уый бæлвырд нæ зонын, фæлæ йæ мад æмæ йæ фыд — заманайы æгъдауджын адæймæгтæ, стыр ахуыр- гæндтæ. Сæ цæрæнбонты адæмы сывæллæтты хъомыл кæнынц æмæ сæхи иунæг фырты æвзæр цæмæн хъуа- мæ схъомыл кодтаиккой? Æз тынг рамæсты дæн, фæлæ мæхи ныуурæдтон. Уæдмæ ’рбаздæхтысты тæрхоны лæ^тæ дæр. 233
ФАРАСТÆМ СÆР ДЫУУÆ АХУЫРГÆНÆДЖЫ ÆМÆ ДЫУУÆ АХУЫРГÆНИНАДЖЫ Дохтыр мæ нæма уагъта куыстмæ цæуын. Гыцци æмæ Хъæссæй дæр мæ разы ныццæхгæрмæ сты. Суанг ма мыл Аслæнджерийы дæр сардыдтой: иу цалдæр боны ма, дам, аулæф, цæмæй дæ уæнгты тых йæ гаччы сбада. Фæлæ, æппынфæстаг, сразы сты мæ фæндыл. Раст мыл цыма базыртæ базади, ахæм згъорд кодтон уыцы райсом нæхицæй заводмæ, суанг ма Хъæссæй æмæ гыццимæ дæр нал фæлæууыдтæн. Афтæ мæм каст, цы- ма уæдæй æнæзивæгдæрæй никуы цыдтæн мæ куыстмæ. Зыдтон æй, нырма куыст райдайынмæ дзæвгар рæстæг ис. Фæлæ афтæ тындзыдтон, афтæ, цыма мæ чидæр фæсте сырдта æмæ мæ кусынмæ куынæ ауадза, уымæй тарстæн. Ногуард мит мæ къæхты бын æнахуыр сæртæг хъыррыст кодта, цыма мæм дзырдта: „цырддæр, цырд дæр!" Бон дзирдзур райдыдта, афтæ балæууыдтæн заводы раз, иоджы ма иу сæрфт акодтон мæ цæсгомы хид, æпæ- къæрЦцæй бахызтæн, уæрæхтæарæзт кæрцьт, биноныг тыхтæй фæстæдзог бадгæйæ, йæ сæрæй чи æркув-æр- 234
кув кодта, уыцы хъахъхъæн&джы иувæрсты æмæ куЛ- дуары мидæгæй фæдæн. Мæ цæстæнгас зыдхаст акод- ’юн райдзаст, уæрæх кæртыл. Кæрты алыварс бæрзонд бруйы ставд цæджьшдзтæ ’ркодтой митын худтæ æмæ мæм аргъæутты урссæр уæйгуыты каст кодтой алы ’рды- гæй. Афтæ мæм фæкасти, цыма мæм ныртæккæ фæйнæ- рдыгæй æрбадзурдзысты сæ гарзы комы хуызæн хъæлæ- стæй: „Уый чи куыдз, чи хæрæг дæ? Нæ сæрты маргъ атæхын куынæ уæнды, нæ бынты — мæлдзыг абырын, уæд ды дæ гæрзтæ куыд рабастай ардæм æрбацæуынмæ?" „Æгæр раджы æрбацыдтæн, — ахъуыды кодтон мæхи- нымæр, кæрты змæлæг куыиæ федтон, уæд. — Фæлæ Аслæнджери ныр йæ куысты уæлхъус ма уа; уый гæнæн нæй", — алыг кодтон, æппынфæстаг, æмæ араст дæн нæ цехы ’рдæм. Ныр та цыдтæн хæрз сындæг. Мæ къæхтæ ахæм арæхстгай æвæрдтон зæххыл, цыма погуард мит нæ, фæлæ тæнæг æвгтæй æмбæрзт уыди мæ фæндаг æмæ сын асæттынæй тарстæн. Цæйдæр тыххæй мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Хаз- би æмæ Будзи. Тынг мæ бафæндыди, цехы сæ куы бай- йафин кусæн дарæсы, станокты цур лæугæ æмæ Аслæн- джерийы зондджын амындмæ хъусгæ. Стæй заводы гуы- мæг куы ныууаса, уæд, нæ цехы иннæ фæсивæдау, аену- выдæй куы ’рывналиккой сæ ног куыстмæ, токары дæс- ныйад ахуыр кæнынмæ. Цалдæр мæйы фæстæ куы суаик- кой, мæ хæлар Дудар æмæ Коляйы хуызæн, арæхст- джын кусджытæ, уыдонау сæ куы раппæликкой Аслæн- джери æмæ Хъæссæй, сæ къамтæ сын куы сæвæрик- 235
кой „Кады фæГшæгыл", очерктæ сыл куьг фыссиккой газетты... Куы раппæликкой Хъæссæйæ дæр, галиу фæн- дагæй сæ уый баиргъæвта, зæгъгæ... Фæлæ мæм æваст мæ зæрдæ цæмæпдæр сдзырдта: „Нæй, уыдон сæ фыдуаг митæ нæ ныууадздзысты, заводы ’мгæрон не ’рцæудзысты. Æвæццæгæн, фæсанд- той мæн, гыццийы, Хъæссæны, тæрхоны лæгты... Уый мæн аххосæй рауади, тæрхоны лæгтæм куынæ бахаты- даин, уæд Хъæссæй, чи зопы, сæ бæрны нæ бацыдаид, адæмы раз дзырд нæ радтаид, схъомыл сæ кæндзынæн, раст фæндагыл сæ сывæрдзынæн, зæгъгæ". Ахæм хъуыдыты уый бæрц арф аныгъу ылдтæн, æмæ мæ къæхтæ размæ хилын куыд айрох кодтой, уый нæ бафиппайдтон. Нæ бамбæрстон, Хъæссæй мæ уæлхъус куыд æрбалæууыди, уый дæр. Æмæ йæ тыхджын къух мæ уæхскыл куы ’рывæрдта, уæд мæ мидбынаты хæрд- мæ фæхаудтæн, пуртиау. — Дæ катай цæй фæдыл у, Инал? Æви дæ цехмæ цæуын нæ фæнды? — бафарста мæ Хъæссæй. — Бæргæ дын дзырдтам, нырма дын куыстмæ цæуынафон нæу, зæгъгæ, фæлæ нæм нæ байхъуыстай... — Цехмæ та мæ куыннæ фæнды? Фæлæ Хазби æмæ Будзийыл ахъуыды кодтон, — дзуапп радтон Хъæссæ- йæн æмæ йын радзырдтон, сæ уæлныхты мæ цы сагъæс- тæ, дызæрдыгдзинæдтæ систон, уыдон. Уый мæм фæл- мæн ,бахудти æмæ мын цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ уыцы рæстæг райхъуысти заводы гуымæджы уаст. Атын- дзыдтам цехмæ. 236
Куыддæр дуарæй бахызтæы, афтæ мæ алыварс амбыр- дысты лæппутæ. Цинтæ, хъæбыстæн ма кæм уыди кæ- рон! Цæйдæр тыххæй мæм ацы хатт нæ цех фæкасти, нырмæ цы уыди, уымæй бирæ уæрæхдæр, райдзастдæр, рæсугъддæр. Ме ’мбæлттæ мыл куыд цин кæнынц, цыма мæм афтæ се ’ндон къабæзтæ ивазынц аив рæнхъæй- æвæрд стапоктæ дæр, тырнынц мæн ахъæбыс кæнынмæ, мæнæи „æгас цу" зæгъынмæ. Æппæтæй тыпгдæр та цыма цин кодта, йæхимæ мæ хуыдта мæхи станок. Ныр æй мæйæ фылдæр нал федтон. Йæ æндон хъæлæсы зарæг нал фехъуыстоп уыцы зондджын машинæйæн. —Дæ хæлæртты нæма федтай?—афарста мæ ме Чюæлт- тæйиу æмæмынйæ къухæй ацамыдтацехы иннæкæронмæ. Мæ фенд сын æхсызгон уыди, æви хъыг, уый нæ зонын, фæлæ тынг бацин кодтон Хазби æмæ Будзийыл, Аслæнджерийы раз лæугæ сæ куы федтон, уæд. Дар- дæй бакæсгæйæ мæм афтæ фæкасти, цыма уый агъом- мæ цы къуыдипп лæппуты дарæс дардтой, уымæй сыл бирæ хуыздæр фидыдта хъæбæр кæттагæйхуыд кусæн дарæс, цыма фæлæггъуыздæр сты. Уæлдай æхсызгон- дæр та мын уыдис, сæ дзырд кæй сæххæст кодтой, тæрхоны лæгты раз кæй нæ федзæсгом кодтой Хъæс- сæйы, заводмæ кусынмæ кæй æрцыдысты, уый. Тынг мæ бафæидыди, куы сæм базгъории, куы сыл бацин кæнин, фæлæ мæ рæузопд куы фæхопой, уый тыххæл мæхиуыл фæхæцыдтæн. Аслæнджерн мæ куы федта, уæд лæппуты фæуагъ- 237
та æмæ ме ’рдæм фæрасти, фæлæ та ногæй апæрыди гуымæджы фæсус хъæлæс. Мæ алыварс цы лæппутæ ’рбамбырди, уыдон уайтагъд фæпырхысты, атындзыдтой сæ кусæн бынæттæм. Сæ тарффынæйæ фехъалысты æф- сæн уæйгуытæ, айвæзтой сæ домбай къабæзтæ, алы- гъуызон хъæлæсæй самыдтой, лæджы уæнгтæ атæхыпы æввонг чи скæны, æппæт мæстытæ æмæ зындзинæдтæ кæй фæрцы апрох вæййыиц, зæрдæ хурварс чи абадып кæны, ахæм диссаджы зарæг. Се ’ппæтæй хъæрдæр, сс ’ппæтæй аивдæр та зарыд мæхи станок. Афтæ мæм касти, цыма, уыцы, зæлдаг æндахы тагау, фæлмæн уæздан зæл- тæ бирæ, тынг бирæ азты нал фехъуыстон. Гъе, æмæ сын æз дæр хъырнын байдыдтон. Æрмæст, цыма, мæ зарæг афтæ лæгъз, афтæ аив нæ цыди, фæлæ уæддæр йæ ныууадзын мæ боп нæ уыди, уымæн æмæ зæрдæ йæхæдæг зарыди. Æмæ зæрдæ куы зара, уæд уый бау- ромын никæй бон у. Мæн æмæ ме станочы зарæг йæ тæккæ тæмæпмæ куы бахæццæ, раст уыцы рæстæг мæ разы ’рбалæууыд мæ зæронд ахуыргæнæг Аслæнджери. Зæрдиагæй мын балхъывта мæ къух. Фыццаг мын уайдзæф бакодта, ныр- ма дын куыстмæ рацæуын не ’мбæлд æмæ хистæртæм нæ байхъуыстай, зæгъгæ, стæй та —арфæ, кæй адзæ- бæх дæн, уый тыххæй. Уый фæстæ бæстон æркæстытæ кодта ме станокмæ, суанг ма йыл йæ фæлтæрд къух дæр авæрдта цалдæр хатты, цыма тæвд у, æви уазал, уыи базонын æй фæндыди. Загъта мын: — Хорз дзаума у, тынг арæхстджын машинæ. Дæ 238
цæст æм куы дарай, дзæбæх æм куы знлай, куы йæ рæв- дауай, уæд дæ никуы фæсайдзæн. Аслæнджерийы ма цыдæр зæгъын кæй фæндыд, уый бæрæг уыд йе ’фсæрмдзæстыг, къæмдзæстыг мидбыл- худтæй. Уый агъоммæ, рынчындоны мæ разы бадгæйæ, гыцци æмæ Хъæссæйы тыххæй мып йæ фæнд зæгъын- мæ куы хъавыди, уæд дæр ахæм æфсæрмдзæстыг мид- былхудт кодта. -—Хъуамæ та дын иу пыхас, иу фæнд зæгъон, Инал... Фæлæ куынæ сразы уай, уымæй тæрсын, — æппынфæс- таг мын загъта Аслæнджери æмæ мæм комкоммæ бакаст, цыма йæ фæндыл сразы уыдзынæн, æви нæ, уый мæ цæсгомы хуызæй базонынмæ хъавыд. — Цыдæриддæр мын зæгъай, бацамонай, ууыл кæд- дæриддæр сразы уыдзынæн, — дзуапп ын радтон æз. Фæлæ Аслæнджери нæ тагъд кодта йæ фæнд раргом кæныныл. Æрзылди станочы алыварс, биноныг та йæм æркæстытæ кодта, стæй мæм нымдзасти. Сæрæй къæх- тæм мыл йæ цæстæнгас ахаста, цæйдæр тыххæй разы- йы тылд бакодта йæ халас сæр. — Заводмæ фыццаг хатт куы ’рбацыдтæ, уыцы бон ма дæ зæрдыл лæууы? —бафарста мæ æмæ та йæ мид- былты бахудт. — Тынг хорз лæууы мæ зæрдыл. Уый уыди мæ цар- ды фæндагыл фыццаг къахдзæф акæныны бон æмæ йæ никуы ферох кæндзыиæн, — дзуапп радтон æз æмæ дисы бахаудтæн, Аслæпджери цæмæн фæтарсти, уыцы æнæ- ферохгæнгæ бон искуы мæ зæрдæйæ куы рафта, уымæй. 239
— Уырны мæ, — загъта та уый. — Уыцы бон, стæй уый фæстæ б’ирæ бонтæ, бирæ къуыриты дæр дзæбæх нæма арæхстæ куыстмæ, тыхстæ, фæлмæцыдтæ. Чи зоны, фæсмон дæр кодтай, уым кусын кæй райдыдтай, ууыл. Хъуыди дæ фæлтæрд кусджыты æххуыс, уыдон баца- мыпд æмæ... — Уыцы æххуыс ма мæ хъæуы абон дæр æмæ дзы цух нæ дæн дæ фæрцы, — æнæрхъуыдыйæ фæлыг код- тон Аслæчджерийы ныхас æмæ тынг фефсæрмы дæн, мæ- хиуыл хæцын, хистæрмæ байхъусын кæй нæ зонын, уый тыххæй. — Гъе, уæдæ, нæ заводмæ ’рцыди дыууæ дæу карæн лæппуйы, æмæ уыдон дæр афтæ хъæуы фæлтæрд кус- джыты æххуыс. Уыдонæй сæ иу æрбацыд нæ цехмæ, æмæ... Аслæнджери цехы иу къуыммæ фæцарæзта йæ цæст- æнгас, кæйдæр дзы ацагуырдта. • —• Хъæссæимæ бауынаффæ кодтам, цæмæй уыцы лæп- пуйы дæхимæ райсай ахуыргæнинагæй. Бирæ фæравзар- бавзар кодтам нæ токарты æмæ дæуыл æрынцадыстæм. Ахъуыды кæн æмæ мын зæгъ дæ фæнд. Афтæ фефсæрмы дæн мæ ахуыргæнæджы ныхасæй, æмæ, æвæццæгæи, рæгъæд цывзынæ сырхдæр аци мæ цæсгом. Исдуг мæм хъазæгау фæкасти йæ ныхас, стæй- та — æфхæрæгау. Хъуыддаг мæкуы бауырныдта, æппын- фæстаг, уæд та, сразы уои, æви нæ, ууыл скатай дæн, бæлвырд дзуапп раттын нæ уыди мæ бон. Æмæ, гобиоу, лæууыдтæн мæ мидбынаты, зæхмæ кæсгæйæ. 240
— Зонын æ1, Инал, райдайæны дæ тыхсын кæндзæ- ни, къуылымпытæ, фæстиæттæ дæр дзыуыдзæн, æвæц- цæгæн... Бынтон æпцонархайд дæр нæ уыдзæ-1, цы ахуыр- гæнинаджы дын равзæрстам, уый. Фæаæ д^ы тынг ма фæтæрс. Мах дæр дын аххуыс кæндзыстæм, иунæгæ1 дæ нæ ныууадздзыстæм. — Афтæ мæм кæсы, цыма æнцон ахуыргæнинæгтæ нæ вæййы, фæлæ... — Гъе, уый лæджы ныхас у, мæ хæлар, — мæ хъуы. ды кæронмæ нæма загътон, афтæмæй мæ раппæлыди мæ ахуыргæнæг. — Фæлæ ахуыргæнинæгтæ фæдæттынц ахуыргæнæг- мæ, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæммæ. Æмæ æз та... — Инал, дæхицæй æппæлын кæй нæ зоныс, уый хорз миниуæг у. Уырыс афтæ фæдзурынц, æнæсæрыстыр- дзинад, дам, адæймаджы рæсугъд кæны, фæлæ æнæныфс- хастдзинад, тæппуддзинад та у адæймаджы фыдуынд- гæнæг, Лæг хъуамæ уа ныфсхаст, æууæнда, цы тых, хъару æмæ зонындзинæдтæ йæм ис, уыдоныл. Цыбыр дзырдæй, лæг хъуамæ ницæйагыл ма нымайа йæхи, — уайдзæфæмхасæн мын дзырдта Аслæнджери. Йæ цæс- гомыл фæзынди, чи йыл нæ фидауы, уыцы карз хуыз. — Баныхас кодтам, Инал, мæ хæлар, — фæстаг хатт алыг кодта Аслæнджери æмæ йæ фæндаг акодта æпдæр станокмæ, уырдыгæй — æртыккагмæ... Кусджытæй-иу сæ иуты цур фылдæр рæстæг алæууыди, иннæты цур — къаддæр. Алкæмæн дæр сæ цыдæртæ дзырдта, цы- 16* - 241
дæр амыдта. Кæмæй æппæлгæ кодта, кæмæн — уайдзæф. Æз мæ цæст дардтон йæ фæдыл, цалынмæ цехы иннæ кæронмæ бахæццæ ис, уæдмæ. Дис кодтон, æрыгон куынæуал у, уæд фæллайып, фæлмæцын куыннæ зоны, ууыл. Бон-сауизæрмæ куыд фæразы йæ къæхтыл лæууын, кусджытыл зилын, уыдо- нимæ ныхас кæнын, уыдонæн амонын, æмæ куы бахъæ- уы, уæд та уайдзæфтæ бакæнын дæр. Раст, цыма, куыд фæдзурынц, халонау, йæ уоны касти, уыйау дæ уæлхъус февзæрдаид, йе ’ххуыс, йæ бацамынды сæр дæ æппæтæй тынгдæр куы бахъуыдаид, тæккæ уыцы рæстæг. Алкæд дæр дын ссардтаид, æх- сызгон дæ чи хъуыди, ахæм ныхас, ахæм бацамынд. Никуы йæ федтон фæлладгъуызæй. Никуы дзы фехъуы- стон тыхст ныхас. Ногæй та аныгъуылдтæн хъуыдыты, сагъæсты: „Чи уыдзæн уыцы „ахуыргæнинаг?" Куыд æй ахуыр кæндзы- нæн? Цы йын амондзыпæн, нырма мæхæдæг ахуыргæни- наг куы дæн, уæд? Мæнæй дæсныдæр æмæ фæлтæрд- дæр кусджытæ бирæ куы ис нæ цехы, уæд се ’хсæн мæн цæмæн равзæрста Аслæнджери? Науæд Хъæссæй тынг хорз куы зоны мæ дæргъ дæр æмæ мæ уæрх дæр, ,уæд уый та куыд сразы ис йæ фæндыл? Тынг мæ бафæндыди, ныртæккæ искуыцæй куы фæ- зынид Хъæссæй, куы йын балæгъзтæ кæнин, цæмæй уыцы ахуыргæнинаджы æндæр искæмæ радтой. Фæлæ мæ’ фыдæнæн уый дæр ацы хатт нæ цехы ’мгæрæт- ты нал цыд. Афæнд кодтон йæ бацагурын, фæлæ 242
станок баурæдтаин, ныффæстиат кодтаип, уый мæ цæст нæ бауарзта. Мæ хъуыдытæ сæ тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ сты, раст уыцы уьтсм мæ разы ’рбалæууыд Хъæссæй. Исдуг цымыдисæй фæкасти ме станочы куыстмæ, мæ фæлурс къухты змæлдмæ, стæй мæм хæрзæввахс æр- балæууыди, хъæрæй мæ бафарста, дæ куыст куыд цæуы, зæгъгæ. Йæ фарстæн дзуапп раттыны бæсты мæхи ра- цæттæ кодтон уыцы ахуыргæнинаджы тыххæй йын мæ хъуыдыгæ, мæ сагъæстæ радзурынмæ. Фæлæ цалдæр санчъехы æддæдæр не ’рдæм æрбацæйцæугæ ауыд?он Аслæнджери æмæ Хазбийы. Мæ бирæ фарстытæ æмæ хъуыдытæ мæ хъуыры фæбадтысты. — Базонгæ у, Инал, дæ ахуыргæнинаджимæ, — ме ста- нок мып фæуромгæйæ, загъта Аслæпджери, стæй ацамыд- та Хазбимæ æмæ хинæйдзаг худт бакодта йæ мидбыл- ты. — Уæ къухтæ кæрæдзимæ раттут. Афтæ ’мбæлы. Абонæй фæстæмæ ды — ахуыргæнæг, Хозби та — ахуыр- гæниыаг. Амондзыпæ йын, ахуыр æй кæндзыпæ тохары дæсныйадыл. Уый дæм хъусдзæни, хорз ахуыргæнина- гæн куыд æмбæлы, афтæ. Æххæст кæндзæпи дæ алы бацамынд дæр... Хъуамæ ма сразы уыдаин, фæлæ мæ зæрдыл æрба- лæууыди, ныртæккæ мæм йæ ризгæ къух куыд радта, стæй йæ къæхты бынмæ куыд ныккасти къæмдзæсты- гæи, уый. Тынг ыи фæтæригъæд кодтон. — Рохуаты уæ пæ ныууадздзыстæм -æ^ æмæ Аслæп- джери дæр, истæуыл куы тыхсат, уæд уын-иу ацамон- 243
дзыстæм, аххуыс кæндзыстæм .. Ныр кусут æмæ рæст- мæ уæнт уæ хъуыддæгтæ, — балхыицъ кодта Хъæссæй æмæ нæ ныууагътой нæхи бар. Аххосджын сабиау, сæргуыбырæй лæууыди Хазби. Комкоммæ ’рбакæсын мæм нæ уæндыд. „Куыд æй ахуыр кæндзынæн? Цæмæй райдайдзынæн? Стæй мæм хъусдзæни? — бакатай кодтон мæхинымæр. — Аслæнджери мæн куыд райдыдта ахуыр кæнын, æз дæр райдайдзынæн раст афтæ, бафæлвардзынæн. Фæлæ Аслæнджери фæлтæрд лæг у, тынг хорз зоны йæ хъуыддаг. Æмæ æз та? Сарæхсдзынæн? Разындзæн мæм искæй сахуыр кæныны фаг зонындзинад, быхсындзинад, хъару?.. Цæй, цы уа, уый уæд. Бафæлварон," — аскъуыд- дзаг кодтон æппынфæстаг. Райдайыны агъоммæ хъуыди Хазбийы æрсабыр, æрæу- уæндын кæнын. Фæлæ куыд? Цы амалæй? — Хъус-ма, Хазби, — бадзырдтон тыхст, къæмдзæстыг лæппумæ. Уый ахæм схъиуд фæкодта, цыма йыл исчи царæй бедрайыдзаг фыцгæ дон æркалдта. — Æз æмæ ды нæ къæхты фындзытæм куы кæсæм, уазджыты лæуд куы кæнæм, уæд нæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Фæ • лæ кусын райдайæм. Разы дæ? Лæппу къæмдзæстыг худт бакодта йæ мидбылты. Ницы сдзырдта, афтæмæй разыйы тылд бакодта йæ сæр. „Цымæ афтæ райдайын хъуыди ныхас кæнын? Уыцы дзырдтæ зæгъын хъуыди Хазбийæн? Æрсабыр, æрæууæн- дын æй кодтоп? — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæм афтæ фæкасти, цыма цахæмдæр æндæр дзырдтæй 244
хъуамæ райдыдтаии пыхас кæнын мæ ахуыргæнинэджй- мæ. Фæлæ ахæмæй къухы куы ницы бафтыди, уæд Хазбийæ мæхæдæг къаддæр нæ фæтыхстæн, къаддæр нæ фефсæрмы дæн. — Кусын райдайыны агъоммæ хъуамæ бадзурæм иу хъуыддагыл, — æппынфæстаг та загътон Хазбийæн. Лæппу йæ сæрыл хæрдмæ не схæцыди, цæстæнгас зæххæй нæ фæхицæн кодта, афтæмæй бынуæзæй сулæ- фыд æмæ фæсмонгæнæджы æнкъуыст бакодта йæ сæр. — Не ’хсæн цы æдылы митæ æрцыди кæддæр, уыдон фесты æмæ сæ ферох кæнын хъæуы. Афтæмæй райда- йæм иумæ кусын. Æз цы зонын, цы арæхсын, уыдон дæуæн амондзынæн, ды цы зоныс, уыдон та^-мæнæн... Æниу æз дæр цас зонын, цас дæсны кусæг сдæн? Фæ- лæ мын цы бацамыдтой, цы базыдтон, уыдонæй ницы бамбæхсдзынæн... Кæд ма дæм дæ раздæры хъуыдытæй исты баззад, кæд дæ нæ фæнды растæй, намысджынæй фæллой кæнын æмæ цæрын, кæд ма мæнмæ дæр раз- дæры цæстæнгас дардзынæ, уæд нæ хъуыддагæй ницы рауайдзæни. Æмæ цас тагъддæр фæхицæн уæм нæ кæ- рæдзийæ, уый бæрц хуыздæр уыдзæн нæ дыууæйæн дæр... Лæппу ма ноджы исдуг уырдыгмæ фæкасти, цавæр- дæр хъуыдыты удхар кæнгæйæ, стæй æвæндоны сæрфт акодта йæ цæсты бынтæ. — Цас стыр аххосджын дæн дæ разы, Инал, уый бæргæ бамбæрстон, фæлæ байрæджы ис, — æнкъардæй .сдзырдта Хазби. — Дæумæ ’рвитыны сЬæнд мæ куы скод- 245
той Хъæссæй æмæ Аслæнджери, уæд нæ разы кодтои,' нæ цыдтæн. Нæ мæ фæндыд, афтæмæй слесарты цех- мæ ’рвитын кодтон мæхи, Будзп кæм кусдзæни, уыр- дæм, фæлæ Хъæссæй... Ныхъхъуси лæппу. Знæт цæстæнгас ахаста цехы къуымты, цыма кæуылты алидза, кæнæ кæм амбæхса, уый агуырдта. — Аххосджын дæн дæ разы, Инал, пых- хатыргæнæн кæмæн нæй, ахæм аххосджын. Æмæ... — Куы дын загътон, уый рагон хъуыддаг уыди, æмæ, цыма, уыцы æдылы митæ бынтондæр пикуы уыдысты не ’хсæн, афтæ сæ ферох кæн, — хатæгау загътон Хазби- йæн æмæ йæ уæхскыл хæлар æвæрд æркодтон мæ къух, Уый ахæм стъæлфт фæкодта, ахæм æнахуыр цæстæнга- сæй мæм бакасти, раст æй, цыма, фæрæтæй æрриуыгъ- тон. — Будзийы тыххæй мæ боп ницы зæгъын у. Фæлæ æз цы рæдыд фæкодтон, уый куы ферох кæнон, уæд... Уæд та дыккаг, ноджы стырдæр рæдыд фæкæнынæй дæр тас у. Фæлæ хъуамæ мæ зæрдыл дарон æхсæвæп- бонæй, цæмæй цыфæнды чысыл рæдыд æруадзынæн дæр хизон мæхи. — Цæй, хорз, Хазби. Разы дæн дæ фæндопыл, — загътон æз æмæ скусын кодтон ме станок. Уыцы бон нæ сæххæстп мæ куыстадон хæслæвæрд. Фæлæ изæры Хазбиимæ иумæ хъæлдзæгæп хæлар ны- хæст’æгæнгæ цыдыстæм пæхимæ. 246
Куыд æпхъæлдтон, куыд тарстæн, ахæм нæ разыпди мæ фыццаг ахуыргæнииаг. Алцæмæ — æвзыгъд, цымыдис, æнæзивæг. Ихджын доны дæхи ныппар, цæхæры дæ къух атъысс, зæгъгæ, дзы куы бадомдтаин, уæддæр, æвæццæгæн, „нæ" ницæй тыххæй загътаид. Райдианы дзы фæлмæцыдтæн æрмæст иу хъуыддагæй: алцæмæй фæрсгæ кодта. Йæ „цæмæн"-тæн, йæ „куыд"-тæн кæ- рон пæ ардта. Æмæ-иу йæ фарстытæн бæстон дзуапп раттын мæ бон куынæ баци, уæд та-иу мæ бахъуыди Хъæссæй кæнæ Аслæнджерийы бафæрсын. Иумæ ’ мæйæ фылдæр нæма бакуыстам, афтæ мæ ахуыргæнинаг цæмæдæрты арæхсын байдыдта, фæцай- дагъи цыдæр хуымæтæг деталтæ аразыныл. Диссаг уыди, æз ын нæ баххуыс кодтон, афтæмæй йæ фыццаг дзаумæ куы сарæзта, уæд уымæ бакæсын: йæ цæсгом ахæм хъæлдзæг, ахæм цингъуыз уыди, æмæ, æвæццæ- гæн, а-дунейы йæхицæй амондджындæр никæй уал æи- хъæлдта. Ноджы дзы Аслæнджери куы раппæлыд, уæд та бынтон нал хæцыд зæххыл. Ноджы ма акуыстам цалдæр мæйы. Иу изæр мын Аслæнджери загъта, зæгъгæ, уæртæ чысыл æддæдæр цы сæрибар станок ис, Хазбийы хъуамæ уымæ акæнон, цæмæй йæхæдæг хицæнæй куса. Раппæлыди мæ, хорз тагъд æй фæцахуыр кодтай кусыныл, хорз токар, дам, дзы рауайдзæни, зæгъгæ. Тынг æхсызгон мын уыди, Хъæссæй æмæ Аслæн 247
джерины хуызæн дæсны лæгтæ кæй раппæлыдысты мæ „ахуыргæнинагæп", уый. Æмæ райсом куыстмæ куы ’рбацыдтæн, уæд батагъд кодтон уыцы æхсызгон хабар Хазбийæн радзурыныл. Æваст афæлурси лæппуйы цæсгом, куыддæр ампыл- ди, аргъæвсти. Исдуг æдзынæг алæууыди, цыдæр ахъуы- ды кодта, стæй мæм æнахуыр, æдых цæстæнгасæй æр- бакасти. — Æмбарын дæ, Инал... Зæронд хъуыддаг... Æмæ афтæ куы загътай, ферох, дам, æй кодтон... Мæнмæ кæсынæй, мемæ архайынæй сфæлмæцыдтæ, бафæллад- тæ... Сурыс мæ. Чи зоны, дæ бынаты æз раздæр бакод- таин афтæ. Цы гæнæн ис. Ацæудзынæн, æрмæст уæр- тæ уыцы стапокмæ нæ, фæлæ уынгмæ, ардæм мæ кæ- цæй æрбакодтат, уырдæм. Æмæ уый фæстæ та... Чи зоны, мæ раздæры ахуыргæнæгмæ — „Домбаймæ", стæй та —- ахæстонмæ... Джихæй кæсгæйæ аззадтæн. Хазбийы раз цы фæ- рæдыдтæн, цæмæй йæ бафхæрдтон, уый бамбарын мæ бон нæ уыди. — Дæ абоны ныхасмæ рагæй æнхъæлмæ кастæн# Будзи мьтн раджы дзырдта, нырма дæм барæй лæгъз дары йæхи, стæй дæм йæ чъылдым фæзилдзæн, атæр- дзæни дæ, йæ маст дæ райсдзæн, зæгъгæ, æмæ йыл æз не ’ууæндыдтæн. Афтæ мæм касти, цыма дыл ха- хуыр кода, фæлæ иыр... — Уый цытæ дзурыс, Хазби? — æппынфæстаг сфæ- рæзтоп æз. —- Айразмæ иу цалдæр боны рынчын куы 248
уыдтæн æмæ пунæгæп куы куыстай ацы стапокыл, уæд дæ архайд, дæ арæхстдзинад фæцыди нæ цехы хистæр æмæ заводы сæйраг индзылеры зæрдæмæ. Бауырныдта сæ, æнæискæй æххуысæй кусын дæ бои кæй бауы- дзæн. Куы мæ фарётой, уæд сын æз дæр загътон. Раппæ- лыдысты дæ, суанг ма мæнæй дæр раппæлыдысты, ’сæт- тын ыл. Гъе, æмæ дын сæрмагонд станок дæттынц. Уый цины хъуыддаг у. Ды та дæ былтæ ’рыппæрстай... Цæй- дæр„зæронд хъуыддæгтæ" ’рымысыдтæ. Будзи дын кæд- дæр цы æдылы ныхæстæ кодта, уыдон дæ зæрдыл дарыс... Цас ын фæдзырдтон, цас ын фæуайдзæ^Ьтæ кодтон, фæлæ цалынмæ Аслæнджери йæхæдæг баныхас кодта йемæ, уæдмæ йæ мæ ныхас нæ бауырныдта. Тынг балæгъзтæ кодтон, æввахсдæр мæм чи куыста, >ыцы лæппуйæн, цæмæй Хазбиимæ сæ кусæн бынæттæ баивой. Æмæ мæраздæры ахуыргæпинаджимæ кусын рай- дыдтам фæрсæй-фæрстæм. Уæдæй фæстæмæ бынтон схæлар стæм. Æнувыддæ- рæй ахуыр райдыдта изæры скъолайы æмæ уымæй дæр æнæ’ мæн йæ къах нал æвæрдта скъоламæ. Стæй-иу сæ уроктæ раздæр куы фесты, уæд-иу сахатгæйтты æн- хъæлмæ касти мæ рацыдмæ. Арæх иæм цæуын райдыд- та хæдзармæ дæр. Фылдæр хатт-иу йæ уроктæ махмæ арæзта. Æз дзы æнæхъæн цыппар къласы уæлдæр ахуыр кодтон æмæ цынæ ’мбæрста, уый бацамонын мып тынг зын нæ уыди. Æмæ йын æххуыс кодтон. Цыбыр дзырдæп, Хазби афтæ схæлар мемæ æмæ йын уыцы рæстæг, æвæццæгæн, æнæ мæн цæрын тынг зын 249
уыди. Фæлæ уый хыгъд Будзкмæ та æмгæрæтты нал цыди. Цал æмæ йын цал хатты бауайдзæф кодтон, цал хатты йын дзырдтоп, дæхи йæм тызмæг ма дар, кæн. нод пæхи иунæг банкъардзæп æмæ заводæй йæ зæрдæ фæхаудзæн, фæлидздзæн, зæгъгæ. Хазби мæм-иу æнцад байхъуыста, фæлæ дзуапп нæ лæвæрдта. — Хъæссæй æмæ Аслæнджери разы не сты Будзийы куыст æмæ уагахастæй, — дзырдтон та иу хатт Хазбийæн. — Хъаст дзы кæны, Будзи цы мастеримæ кусы, чи йæ ахуыр кæны, уый дæр. Куыстмæ, дам, йæ зæрдæ нæ дæтты, фæстиæттæ кæны, куы та бынтондæр не ’рцæуы заводмæ... Мах дæр æй йæхи бар ауагътам. Нæхи дзы дард ласæм, цыма хæцгæ низæй рынчын у. Тæрсын, йæ раздæры хъуыддæгтæ та куы райдайа, галиу фæндагыл та куы фæцалх уа. Хазби хъусгæ мæнмæ кодта, йæ хъуыдытæ та æн- дæр цæйдæр фæдыл уыдысты. — Мæхæдæг дæр раппæлинаг нæ дæн, Инал. Бирæ галиу митæ фæкодтон, заводмæ ’рцæуыны агъоммæ. Стæй демæ кусын куы ’райдыдтон, дæ , ахуыр- Тæнинаг куы сдæн, уæдæй нырмæ дын цас хъыцъы- дæттæ фæдардтон, уый та дæхæдæг зоныс. Æрмæст уыцы æнаккаг тамако мауал дымдтаин, уый тыххæй дæ сæр цас фæриссын кодтай, уый æгъгъæд диссаг уыди. Æмæ дæ хатыр курын.—Ацы хатт мæм комкоммæ касти, афтæмæй дзырдта Хазби. Йæ ныхасы уаг, йæ цæсгомы хуыз мæм фæкасти фæлмæн, æпæхин, æххæстæй бау- уæндæн кæуыл ис, ахæм. 250
— Сæттъш ъ\ч æз дæр, хорз пæма дæн. Фæлæ Бу- дзи бынтон æвзæр лæппу у, куыд æй æнхъæлыс, уы- мæй бирæ æвзæрдæр, бирæ тæссагдæр. — Дæ къух афтæ цæмæн систай дæ рагоп хæларыл? Дæ хъыджы нстæмæй бацыди, æви та исты ног фыд- уаг ми бакодта? — бафарстон Хазбийы. Уый цæ.уылдæр ахъуырдухæн кодта йæхимидæг, стæй ныллæг хъæлæ- сæй сдзырдта: — Æвзæр мæ ма бамбар, стæй мæ ныхас хахуырмæ дæр ма айс. Фæлæ Будзийæн ис дыууæ ахуыргæнæ- джы — иу заводы’, иннæ та уынджы. Стæй уынджы ахуыргæнæгмæ тынгдæр хъусы... — Уый та ма цавæр „уынджы ахуыргæпæг" у? — дис- гæнгæ бафарстон Хазбийы. — Æмæ дын æй куыд зæгъон? Куыд хатын, афтæ- мæй та йæ рагоп „ахуыргæнæг" — Домбаимæ сиу сты. Цалдæр хатты сæ иумæ федтон горæты, æр- ыæст-иу æз мæхи бааууон кодтон. Стæй дæр Будзи заводы сусæгæй аразы, „фипкæтæ" кæй хонынц, ахæм кæрдтæ æмæ сæ уæй кæны лæппутæн. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы кæрдтæ аразы Домбайы бацамындмæ гæсгæ. Дыууæ хатты йын дзырдтон, афтæ ма кæп, зæгъын, баууæндыдысты ныл, ахæстонæй нæ фервæ- зын кодтой, заводмæ нæ айстой, цæмæй лæгтæ суæм, ууыл архайынц æмæ ды та цытæ кæныс. Фыццаг хатт мæм ницы сдзырдта. Фæлæ ма йын дыккаг хатт куы Дзырдтон уыцы хъуыддагыл, уæд æртхъирæнтæ кæ- пыиыл схæцыди, ды, дам, æгæр сактпвои дæ. Дæу, 251
дам, куы слæг кæноп уыцы лæггæпджытæ, уæд аегь- гъæд у. Фæлæ, дам, мæн тыххæй иунæг сыбыртт дæр куы скæнай дæ хицæуттæн, уæд, дам, мæ иыр кард искæмæй курын нал хъæуы, мæхæдæг дам сæ ара- зын... Хазби ныхъхъусн. Цæуылдæр ныхъхъуыды кодта, стæй ма бафтыдта йæ ныхасмæ. — Тæрсгæ нæ фæкодтон Будзийы æртхъирæнтæй, фæлæ цæйдæр тыххæй ныры онг пикæмæн ракодтон ацы хабар æмæ фæрæдыдтæн. Афтæ мæм кæсы, цыма зæгъын хъæуы сæ цехы хистæрæн, стæй, Будзи кæй ахуыргæнинаг у, уымæн дæр, цæмæй йæм сæ цæст дарой, кæрдтæ аразыны фадат ын мауал дæттой. Науæд та исты фыдбылыз куы сараза, уымæй тæрсын. Ахъуы- ды ма кæн. Домбаимæ та цæй фæдыл баиу ис, цæмæн та схæлар? Будзийы хабар уыцы изæр ракодтон Хъæссæйæн. Уый сагъæстыл фæци. -~Йæ уагахаст æвзæр кæй у, куыстмæ йæ астæу кæй нæ тасы, уый мын раджы дзырдтой. Бафæдзæхс- тон сын, цæмæй йæм сæ хъус хуыздæр дарой, разæн- гард æй кæной, фæлæ кæрдты хабар абон дæр нæма зо- ныни, мæнмæ гæсгæ. Тæккæ райсом сын зæгъдзынæн уыцы хабар дæр, — зæрдæ мып бавæрдта Хъæссæй, стæй цæ- уылдæр фæсмопгæиæджы æнкъуыст бакодта йæ сæр- . Тынг бакатай кодта гыцци дæр, кæрдты кой фехъус- гæйæ Афтæ мæм фæкасти, цыма та мæпæн фæтарстп. — О, фæлæ уыцы цехы хистæр æмæ иннæ кусджы- 252
тæн сæ цæстытæ кæм сты? Куыннæ бафиппайынц, лæп- пу сæ цуры кæрдтæ фæаразы, уый?! Ахæм хъæрæй загъта гыцци, цыма аххос æнæхъæнæй дæр мæнмæ хауд. Зариффæ ипнæ уаты йæ уроктæ аразын фæуагъ- та, рауади æмæ тарстхуызæй каст куы гыццимæ, куы — Хъæссæймæ, æвæццæгæн æм хылы хуызæн фæкасти гыццийы хъæр ныхас. — Иугæр та йæ раздæры „ахуыргæнæджимæ" баиу ис уыцы фыдбылызы гуырд, уæд... Иу дзырдæй, дæхи сæ хъахъхъæн, мæ хъæбул. Се ’мгæрæтты дæр мауал цу, — æппынфæстаг мæ бафæдзæхста гыцци. — Аслæнджерийæн хъуамæ зæгъон. Кæд сразы уа, уæд Будзийы уæ цехмæ ’рбарвитдзыстæм. Уый йæ дзæгъæл хъуыддæгтæ кæнын нæ бауадздзæни, Стæй йæм ды æмæ Хазби дæр уæ цæст дардзыстут, — цыма гыццийы фæдзæхст нæ фехъуыста, ахæм хъæлæсы уагæй загъта Хъæссæй. Гыццийы цæсгом фæтари, фæлæ Хъæссæйы фæндоны ныхмæ ницыуал загъта. Уыцы ’хсæв ма мæ хуыссæны дæр бирæ фæхъуыды кодтон, Будзийы цы амалæй фæхицæнчындæуа Домба- йæ, ууыл. Æмæ мæм æппæтæй растдæр фæкасти Хъæс- сæйы фæндон: Будзийы нæ цехмæ ’рбаивын. „Нæ цæст æм дардзыстæм. Исты æхсæнадон хъуыддаг ын бафæ- дзæхсдзыстæм, цæмæй йын галиу митæп рæстæг ма уа..." — алыг кодтон мæхинымæр. Фæлæ бапрæджы ис: райсом куыстмæ куы ’рцыдтæн, уæд уым æрæййæфтоп, рынчындонмæ мæм чи цыди, мили- 253
цийы уыцы кусæдлш. Уыл рлдгай фæрафæрс-бафæрс к<лд- та слесарты, цехы кусджыты. Уый фæ:тæ ’рбацыди махмæ. Чысыл алæууыди Аслæнджериимæ Сæ нычас цæй фæдыл уыди, уый иæ бамбæрстон. Фæлæ Хазбийы куы акодтой Аслæнджерийы чысыл кабинетгондмæ, уæц хуымæтæг тарст нæ фæкодтон. „Æвæццæгæн та исты æвзæр ми бакодта Хазби, — мæхиньшæры бакатай кодтон. — Æвæццæгæн та, Будзи- ау, уый дæр погæй сæмбæлд сæ хæлар Домбаимæ, кæцæйдæр та цыдæр радавтой, æмæ... Дысон мын фæд- сафыны тыххæй ракодта Будзи æмæ Домбайы кой..." Мæхиимæ загъд кодтон, афтæ рæуæууæнк кæй дæн, ныр уал мæйы иумæ кусæм, скъоламæ иумæ цæ- уæм, фæсбайдиантæм нæхи хæдзары иумæ ахуыр код- там нæ уроктæ. Куынникуы бафиппайдтон, сайгæ мæ кæй кодта, уый? Æппынфæстаг, æрбаздæхт Хазби. Йæ цæсгом уыди тыхст хуыз, къухтæ рызтысты. Цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йе ’взаг йæ дзыкы нал ахадыдта. — Цы хабар у, Хазби? Цæмæ дæм фæдзырдтой? — æз дæр къаддæр нæ фæтыхстæн, афтæмæй бафарстон лæппуйы. — Будзи... — сфæрæзта Хазби æмæ ферхæцыди. Ныхъхъуси. — Цы кодта Будзи? Исты æвзæр ми та бакодта? Цадæггай пæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыди, уæд ра- дзырдта, цæн фæдыл æм фæдзырдта милицийы кусæг, цæмæй йæ фарста, уыдон. 254
— Зноп, улæфты фæстæ, магазин куы бакодтой, уæд кассæйы кусæг ныффæдис кодта, æхца чидæр ахаста, зæгъгæ. Уайтагъд сæхгæдтой дуæрттæ. Фæхабар код- той милицимæ. Æрцыдысты нымайджытæ дæр. Рабæ- рæги, æхцатæй дарддæр ма кæй фесæфти цалдæр сыгъ- зæрин сахаты. Чи сæ ахаста, кæуылты сæ ахаста, дуар кæмæ дзы рудзынг саст куынæ разынд Давджыты ничи федта. Ацу æмæ сæ базон. Стæч, æвæццæгæн, зонгæ дæр пицы бакодтаиккой, фæяæ... — Фæлæ сæ уæддæр базыдтой? Давджыты ссард- той? — мæхи нал баурæдтоп æз. — Æз дын куы зæгъын, чизоны, ницы ссардтаиккой, фæлæ давджытæ сæхæдæг сæхи раргом кодтой... — Æмæ чи уыдысты? Куыд раргом кодтой сæхи? — Давджытæ уыдысты Будзи æмæ йæ „ахуыргæ- нæг" Домбай, — цыма мæ фарст нæ фехъуыста, ахæм хъæлæсы уагæй йæ ныхас дарддæр нывæзта Хазби. — Раст, цыма, æппыпдæр пицы ’рцыди, ницы ракодтой, афтæ фæхъеллау кодтой уынгты, стæй куы ’рталынг ис,-уæд биноныг æрбадтысты хæрæндоны. Нуазгæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, акодтаиккой. Стæй сын цæй- дæр фæдыл хъаугъа рауади... Домбай æхца баппæрста хæринæгтæхæссæгмæ, фæстæмæ ма йæм цы ’мбæлди, уый дæр нал райста, афтæмæй дуары æдде фæци. Йæ фæдыл разгъордта Будзи, дæр æмæ... Йæхи арæзт кар- дæй хæрз æнцонæй фæхуынкъ кодта йæ кæддæры 255
хæлар æмæ „ахуыргæнæг" Домбайы зæрдæ. Æхца, дам, иууылдæр разындысты Домбаймæ... — Æмæ Будзи цы фæци? Агагъди? — бафарстон та æз. — Æрцахстой йæ. Сыгъзæрин сахаттæ та уымæ ра- зындысты. Хазби ныхъхъуси. Æвæндонæй райдыдта кусын. Суанг изæрмæ сыбыртт нал схаудта йæ дзыхæй. Дзургæ нæ, фæлæ ме ’рдæм кæсгæ дæр нал фæкодта. Йæ цæсгом уыди цахæмдæр мæрдвæлурс. Иæ хъуы- дытæ хъеллау кодтой кæмдæр арвæй зæххы ’хсæн. Йæ мидбынаты-иу, сагъдау, аззади æмæ-иу æм цалынмæ сдзырдтон, уæдмæ лæууыди джихæй, йæ къæхты бын- мæ кæстæйæ, станок та-иу кæнæ лæугæ кодта, кæнæ та ривадæй зылди. Хазби уыцы бон нæ сæххæст кодта йæ куыстадон хæслæвæрд. Цы деталтæ сарæзта, уыдоны фылдæр та рауадысты æвзæр. Заводæй нæхимæ цæугæйæ дæр Хазби уыди зиæт æмæ къæмдзæстыг. Мæ иувæрсты цыди æнæдзургæйæ, мæ бирæ фарстытæй иуæн дæр дзуапп нæ радта. — Инал! — æваст мæ разы фæлæугæйæ, сонт дзырд скодга уый æмæ февнæлдта мæ цонгмæ. — Ды, Хъæс- сæй æмæ Аслæнджери мæ ирвæзынгæнджытæ стут. Абон Будзийы фарсмæ кæй нæ бадын, уый сымах фæр- цы у, Æмæ кæд искуы адæмы ’хсæнмæ рацæуыны ак- каг суоп, уæд уый дæр уыдзæни сымах ’руаджы... 256
ДÆСÆМ СÆР ФÆЛВАРÆНТÆ ÆМÆ ЦИН Бонæп-боп æввахсдæр кодта фæлварæнты рæстæг. Мæхи цæттæ кæнып райдыдтон, нæ ахуыргæнджытæ мып дæс азы дæргъы цы фæцамыдтой, цы базыдтоп, уыдоиы тыххæй дзуапп раттынмæ. Рагæй æпхъæлмæ кастæн уыцы бæллиццаг бопмæ. Æмæ ныркуы ’рыввахси, уæд та дзы цæйдæр тыххæй тæрсын райдыдтон. Æхсæв бонæй нал æвзæрстон, райсом — изæрæй. Куысты сахат- тæй дарддæр ме ’пиæт рæстæг дæр хардз райдыдтоп фæлварæнтæм цæттæ кæныныл: скъолайы нын рага- гъоммæ цы билеттæ радтон, уыдонмæ гæсгæ фæлхатт кодтон, фæстаг азты иып цы амыдтои нæ ахуыргæн- джытæ, уыцы æрмæг. Фæлæ цас фылдæр архайдтон, цас æнувыддæрæн фæлхатт кодтон, уый бæрц тынгдæр тæрсын райдыдтон уыцы бонтæй. Мæ зæрдæ мæм цæйдæр тыххæй афтæ дзырдта, цыма фæлварæпты рæстæджы дзуапп раттып цы бирæ темæтæ æмæ фарстытæн хъæуы, уыдоиæй пунæг дæр бппоныг пæ зопып æмæ дзуапп раттыи дæр 17* 257
нæ бафæраздзынæн. Мæ архайд мæм кæсын байдыдта, куырмæджы архайдау, мæ зонындзинæдтæ та — фæлурс мигъы бындзгуыты хуызæн. Мах дæр боны скъолайы ахуыргæнинæгтимæ кæй дæтдзыстæм фæлварæнтæ, уый куы фехъуыстон, уæд та бынтон старстæн. Ныхъхъæр кæнын æввонгæй мæ разы ’рлæууыди Бæбийы мады — математикæйы ахуыргæнæджы—тар, æл- хынцъæрфыг фæлгондз. Мæ хъустыл уадысты йæ фи- дистæ „Къæлуайæ фыркъа", „Зивæджы дзæкъул", Мæ зæрдыл-иу æрбалæууыд, иу хатт мæм Бæбийы мад æмæ фыд нæхимæ, хæдзармæ, куыд ’рбацыдысты, куыд мæм хатыдысты, суанг ма мын гæртам дæр куыд лæвæрд- той, цæмæй тæрхоны лæгты раз фæдзурон мæнг ны- хæстæ, Бæбийы кардæй мæ кæй ныррæхуыстой, уый тыххæй аххос иууылдæр аппарон Хазби æмæ Будзимæ, сæ фырты сын сраст кæнон. Æмæ сын мæхи ныхмæ мæнг æвдисæныл куынæ сразы дæн, уæд та — æртхъи- рæнтæ. Иу бон, куысты фæстæ, цыдæр æмбырд уыди нæ цехы кусджытæн. Бæргæ мæ нæ фæндыди æмбырды баззайын, фæлæ фæскомцæдисон организацийы секре- тарь уыдтæн æмæ мын цынæ ныллæугæ уыд? Бадтæн æмбырды. Хъуыстон ныхасгæнджытæм. Мæ хъуыдытæ та уыдысты нæ хæдзары, архайдтон чингуытимæ, фæл- . хатт кодтон фæлварæнты билеттæ. Аслæнджери йæ ныхасы мæн тыххæй цыдæр дзырд- та, ’æвæццæгæн та мæ ’ппæлгæ кодта, фæлæ йæ нæ бамбæрстон. Æмæ куыддæр æмбырдæй феуæгъд дæн, 258
афтæ ахæм згъорд акодтон нæхимæ, цыма та мæ ног æмбырдмæ куы хоной, уымæй тарстæн. — Цы хабар у, Инал? Уый бæрц цæуыл фæтыхстæ? Кæдæм фæдис кæныс? — мæ хъустыл ауади Зæлипæ- йы хъæлæс. Фæстæмæ куы фæкастæн, æрмæст уæд бамбæрстон, Зæлинæйы иувæрсты кæй разгъордтон æмæ йæ кæй нæ бафиппайдтон, уый. Тынг фефсæрмы дæн, мæ удæй фылдæр кæй уарз- тон, уыцы чызгæй. Суанг ма тæрсгæ дæр фæкодтон, кæй йæ нæ федтон, кæй йæм не сдзырдтон, уый йæм хардзау куы фæкæса, куы мæм фæхæрам уа, уымæй. Фæлæ мæ фыртыхстæй нал сарæхстæп хатыр ракурын- мæ дæр. — Цыфæнды уавæрты дæр зæронд хæлæртты рох кæнын не ’мбæлы, Инал, —æргом мыи бауайдзæф кодта Зæлинæ. ’ Æз, æппынфæстаг, хатыр ракуырдтон чызгæй, стæй нæ фæндагиумæ акодтам, мæ тыхстдзинады сæр ын ра- дзырдтон. — Кæд дæ фæпды, Инал, уæд иумæ цæттæ кæпын райдайæм фæлварæнтæм, — йæ хъæ<<æсы уаг фæфæл- мæндæр кæнгæйæ, загъта Зæлинæ. — Афтæ ’пцондæр уыдзæни. Кæрæдзийы ’ххуысæй хуыздæр кусдзыстæм. Æз цы фарст нæ зоноп, уый мып-иу ды ацамондзынæ, кæм та-иу дын æз дæр аххуыс кæидзынæн. Дæуæн, æвæ- дза, Хъæссæй дæр æххуыс кæндзæн, фæлæ... Хъæссæй мын æцæг æххуыс кодта. Цы фарст-иу нæ зыдтон, кæнæ дзæбæх цынæ ’мбæрстон, уыдон мын 259
уый бинопыг æмбарын кодта бæлвырд цæвпттонты фæр- цы. Фæлæ мын уæддæр тынг æхсызгон уыди Зæлинæ- ны фæндоп. — Æхсар æмæ Бæби дæр дзырдтой, иумæ цæттæ кæнæм, зæгъгæ, фæлæ... — Зæлинæ мæм комкоммæ ’рба- касти, цыма Бæбииы коймæ мæ цæсгом йæ хуыз куыд фæивта, уый базонып æй фæндыди. — Фæлæ Бæбийы тыххæй Æхсаримæ цæттæ кæныныл дæр не сразы дæн. — Æмæ цæуылнæ сразы дæ? Уыдон сæ дыууæ дæр тыхджын скъоладзаутыл нымад сты, — Бæбийы кой мын кæд æхсызгон нæ уыди, уæддæр загътон æз. — Æрмæст нын исты баххуыс кæпæнт, уый йедтæмæ ныр- тæккæ разы дæн дæлимонтимæ кусыныл дæр. — Бæбийы хуызæн дæлимонтæ ’ххуысы бæсты хъыг дардзысты. Ницæмæн нæ хъæуы Бæби. Ме сæфт дзы уыпын,—йæхи дзырд кодта Зæлинæ. — Æмæ Æхсар та? — Ууыл разы дæн æмæ йыы абон зæгъгæ дæр кодтон. — Бæбийæн пæ фыд дпректор у, йæ мад ахуыргæ- нæг æмæ сæ фыртимæ куы цæттæ кæнай фæлварæи- тæм, уæд... — Гъе, æмæ йып зæгъ, цæттæ кæн йемæ. Æз йе ’мгæрæтты дæр нæ ацæудзынæн! — тынг мæм фæмæсты ис Зæлинæ. — Æви мæ къахгæ кæныс? Æмæ цы къа- хинаг фæдæп? Кæд дæ пæ фæнды мемæ цæттæ кæнын фæлварæптæм, уæд дæ бар дæхи. Уыцы изæрæй суанг фæстаг фæлварæны фæудмæ 260
Зæлинæимæ кæрæдзийæ нал фæхицæн стæм фынæйы сахатæй дарддæр. Заводы мæ рæстæгмæ суæгъд код- той куыстæй æмæ æрвылбон дæр райсомæп изæрмæ фæлхатт кодтам нæ хæдзары. Арæх-иу немæ уыдп Æхсар дæр. Ахуыр кодтам, иæ хъаруйыл пæ ауæрстам, афтæмæй. Канд мæнæн нæ, фæлæ Зæлинæйæн дæр тынг æххуыс кодта Æхсар. Уæлдайдæр та математикæ- йæ. Æхсары æххуыс нæ тынг кæй хъуыди, уый хорз æмбæрстам нæ дыууæ дæр. Фæлæ-иу искуы иу хатт куынæ ’рбацыди, хицæнæй-иу куы баззадыстæм, уæд-иу мын уый цæйдæр тыххæй тыиг æхсызгон уыди. Афтæ мæм-иу фæкасти, цыма æвирхъау уæззау уаргъ ахауд- та ме уæхсчытæй. Зæлинæ ’ргом ницы дзырдта, фæлæ йæ ахастæй бæрæг уыди, Æхсар немæ кæй нæй, уый- иу уымæн дæр хъыг нæ уыди. Куыддæр-иу схъæлдзæг, сдзырдарæхсти. Никуы нæ бахъыгдардта Зариффæ дæр. Уайтагъд-иу кæдæмдæр йæхи айста. Æппынфæстаг, æрхæццæ ис фæлварæнты фыццаг бон. Æвæдза, диссаг уыд уыцы сæрдыгоп райсом! Куыддæр бон æрбацъæхи, афтæ нæ къæсæрыл æрба- лæууыд Зæлинæ. Йæ уæлæ уыдысты, афтæ хорз ыл цы сау ибкæ æмæ уардигъуыз цыбырдыс кофтæ фидыд- той, уыдои. Фырцинæй, æви фыртыхстæй йæ хæрзкопд уадултæй нæ хицæи кодта æпахуыр мидбылхудт. — Рахиз мидæмæ, мæ дзæбæх чызг, — рæвдаугæ хъæлæсæй йын загъта гыцци. — Бузныг. Кæрты банхъæлмæ кæсдзыпæн, фæлæ Ипал тагъддæр арæвдз кæнæд пæхи, иауæд нын фæл- 261
варæнмæ байрæджы уыдзæнис, — æфсæрмдзæстыгæй загъта чызг æмæ фæстæмæ фæзылди, цæмæй кæртмæ ахызтаид. Фæлæ йæ гыццн нæ ауагъта. Бахуыдта йæ хæдзармæ. Бацин ыл кодта Хъæссæй дæр. Тынг фæбузныг дæн Хъæссæй æмæ гыццийæ, Зæ- линæйыл афтæ æхсызгонæй кæй фембæлдысты, кæй йæ барæвдыдтой, уый тыххæй. Тагъд-тагъд акодтон мæ бæрæгбоны дарæс. Мæхи- мæ азылдтæн кæсæны раз. Афтæмæй бауадтæн гыцци æмæ Хъæссæйы уатмæ, цæттæ дæн, зæгъгæ. Цæйдæр тыххæй фæсырхи Зæлинæйы цæсгом, фæлæ æз мæхи афтæ ’вдыстон, цыма ницы бафиппайдтон. Зæлинæйы цæсгомы хуыз кæй фæивта, уый бамбæрстой гыцци æмæ Хъæссæй дæр. Хъæссæй йæ цæстæнгасæй цыдæр бамбарын кодта гыццийæн æмæ та бахудтысты кæрæ- дзимæ. — Фынгмæ ’ввахс абадут, мæ хъæбултæ. Ахæрут фæйнæ къæбæры æмæ стæй фæндараст фæут, — бахатыд нæм гыцци. — Мæн ницы хъæуы. Æз ныртæккæ бахордтон нæ- химæ, — къæмдзæстыгæй дзуапп радта Зæлинæ. — Сбад, науæд æз дæр нæ хæрыи, — æнæрхъуыды- йæ мæ сирвæзти æмæ та мæ цæстæнгас уайтагъд ацахс- та гыцци æмæ Хъæссæйы фæлмæн мидбылхудт. Нæ аходæнæй куы фæхицæпыстæм, уæд нæ цыппар иумæ рахызтыстæм уынгмæ. Уым раййæфтам Зæлинæйы мад æмæ фыды дæр. Цыма хæсты быдырмæ цыдыстæм, уыйау немæ фæраст сты нæ ныййарджытæ дæр. Нæ- 262
хицæй скъоламæ цы ныффæрæзта Хъæссæй махæн зæрдæтæ ’вæрынæй, махæн зæндтæ амонынæй! Дзырд- та нын, уырнын нын кодта, зæгъгæ, фæлварæнты рæс- тæг рэппæтæй тæссагдæр у тыхсын, æнæныфсхастдзи- над. Цырд фæлæуут. Фыццаг фæлварæн уын рæстмæ куы рауайа, уæд уын тас нал у: фæныфсхаст уыдзыстут, бынтрндæр нал тыхсдзыстут... Дзырдтой, ныфсытæ нын æвæрдтой, фæлæ мæ зæр- дæ ’нцойдæр нæ кодта. Фыццаг фæлварæн нын математикæйæ уыди. Мæхи йæм бæргæ бацæттæ кодтон Зæлинæ æмæ Æхсары фæрцы, стæй дзы зонгæ дæр цыдæртæ кодтоп. Фæлæ кæдæм, кæй къухмæ цыдтæн, уый мæ рох пæ уыди. Гъе, æмæ канд тыхсгæ нæ, фæлæ ма тæрсгæ дæр код- тон. Æрмæст математикæйæ тарстæн, æви йæ ахуыр- гæнæгæй — Бæбийы мадæй, уый базонып мæ бон нæ уыди. Мæ цæстыты раз та слæууыди Бæбийы мады тар, хъуынтъызæрфыг цæсгом. Æмæ скъоламæ цас æввахс- дæр кодтон, уый бæрц мæ цæстыты раз тынгæй-тынг- дæр ра^зыди, зæрдæйыл æфтыдта тасдзинад, Цыма мæ хъустæ ахсын райдыдтой йæ рæхойæн, фидисы ныхæс- тæ: „Къæлуайæ фыркъа", „Зивæджы дзæкъул"... Æмæ ныл скъолайы раз æнæихъæлæджы куы фем- бæлди математикæйы ахуыргæнæг, уæд та мысты хуынкъ туманæй агурын райдыдтон. Уый цæрдæг æр- бауади нæ иувæрсты, гæзæмæ йæ сæр размæ феикъуыс- та, фæлæ нын салам радта, æви æртхъирæн бакодта, 263
уып бæрæг пæ уыци. Иæ цæетмы хуыз мæм афтæ фæкасти, цыма пыртæккæ æрлæудзæпи æмæ мæм/æр- блдзурдзæпи йæ бæзджып хъæлæсæй: I „Ныр дæ гуырæй райгонд у, „Къæлуапæ фыркъа, дæ уд мæ къухы ис, нал мын аирвæздзынæ!" I Хъуамæ фæстæмæ фездæхтаин æмæ лыгъд ра^танп нæ хæдзармæ. Фæлæ Хъæссæйы мæ цурты цæугæ} куы федтон, уæд чысыл фæфидардæрис мæ зæрдæ, мæ с&рмæ нал схастон нæхимæ фæлидзын. / „Цæй, уæд та цы абада, уый абадæд!" — алыг код- тон мæхииымæр, стæй Хъæссæиты скъолайы ка^рты фæуагътон æмæ асиныл ахæм згъорд скодтоп, æртыгап къæпхæнты сæрты гæппытæгæигæ, цыш мын уæды опг ме уæнгтæ цы тас æмæ дызæрдыгдзинады рæхыстæ æлхъывтой, уыдонæй лыгътæп. — Дæ хорзæхæй, Инал, тарст тæрхъусы згъорд къæдæм кæныс? Æви æз дæр уырдæм кæй цæуып, уый дæ ферохи? — аснны сæрмæ куы фæцæпхæццæ кодтоп, уæд мын мæ цонгыл фæхæцыди Зæлинæ. — Ахæм згъорд кæиыс, цыма дзы æнæхай куы баззайай, уымæй тæрсыс. Не ’мбæлттæ æмбырдæй лæууыдысты нæ къласы тæккæ раз. Дуар нырма ’хгæд уыди. Фæлварæнтæм чи ’рцыди, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæй фылдæры цæсгæмттыл зынди цавæрдæр тыхст, цавæрдæр сагъæс- ты фæд. Сыбыртт сæ никæй дзыхæй хауди. Се ’ппæт дæр сæ цæстæнгас скодтой къласы дуармæ. Зын бамба- рæн уыди, дуар тагъддæр бакæпынмæ бæллыдысты, æвн дзы тæрсгæ кодтой. 264
Æнæпхъæлæджы мæ размæ србауадн Бæби. Иæ гьш- и ыл цæстытæ куыд арæх тъæбæртт-тъæбæртт кодта, уымæн бæрæг уыди, цæуылдæр тыпг кæй тыхсы, цы- дæр зæгъын æй кæй фæнды, фæлæ цæйдæр тыххæп фæстиат кодта йæ иыхас зæгъыныл. — Хъус-ма, Ипал, — æппынфæстаг, сдзырдта Вæбн, мæпæй дарддæр æй куыд ничи фехъуыстаид, ахæм пыллæг хъæлæсæй. — Абон цы рард æмæ цæвиттонтæ араздзыстæм, уыдон мын гыцци бацамыдта, хæдзары сæ сарæзтон... мæ мады ’ххуысæй... Куы сбадæм, ку- сыи куы райдайæм, уæд дæм сусæгæй ратдзынæн цæттæ куыст. Сабыргап пæ ])афысдзынæ. Тæрсгæ ма- цæмæп кæн, раст арæзт сты. Стæй хъуыддаг æз, ды æмæ гыццийæ дарддæр ничи зопдзæни... Фыццаг мыи цыма æхсызгоп уыдп Бæбийы пыхас. Æпхъæл дæн, цыма разыйы тылд бакодтоп мæ сæр. Стæй та мæм афтæ фæкасти, цыма иу хатт Будзийы къухты цы кард фæсагъта, амар æп, зæгъгæ, уый мын пыр та йæхæдæг пыддардта мæ зæрдæмæ. Мæ маст афтæ арæсыди æмæ, не ’мбæлттæ мæ се ’ппæт дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ йын хъуамæ алывыдтæ фæдзырдтанн, фæлæ уыцы рæстæг байгомп къласы дуар. — Мидæмæ рахизут, мæ хуртæ, — пырмæ дзы куыд пнкуыма фехъуыстон, ахæм фæлмæн, рæвдаугæ хъæ- лæсæй радзырдта математикæйы ахуыргæнæг. Суанг ма йæ цæсгомыл фæзыпди, бынтондæр ыл чи нæ фи- дыдта, уыцы тыхаразгæ мидбылхудт дæр.—Рауайут, 265
мæ чысыл хуртæ, рауайут. Тæрсгæ дæр мачи кæнæд æмæ ’фсæрмы дæр. Къласы ма Бæбийы мадæй дарддæр уыди дыууæ ахуыргæнæджы. —- Уыдон къамисы уæнгтæ сты,—къæсæрæй бахиз- гæйæ мын мæ хъусы бадзырдта Бæби æмæ æнахуыр худт бакодта йæ мидбылты,—тæрсгæ ма кæн, æз дæ фервæзын кæндзынæн... Раздæрæй ноджы тынгдæр амæсты дæн, фæлæ мæ- хи ныуурæдтон цыдæр амæлттæй. Сбадтыстæм. Ахуыргæнæг нын байуæрста, йа^ иу фисын мыхуыр æвæрд кæмæн уыди, ахæм гæххæтты сыфтæ. Уый фæстæ нын бацамыдта, фыссæн фæйнæ- гыл цы рард æмæ цæвиттонтæ фыст уыди, уыдонмæ — рафыссут сæ æмæ кусын райдайут, зæгъгæ. Райдыдтам кусын. Кълас ныхъхъус, ныггуыппæги. Цы- ма дзы иунæг удæгас змæлæг дæр нал уыди, уыйау сы- быртт никуыцæйуал хъуысти. Æрмæст партæты рæн- хъыты ’хсæнты зылдысты ахуыргæнæг æмæ йæ дыууæ ’мбалы. Сæ цæст дардтой, скъоладзаутæй чи куыд кусы, уымæ. Фæлæ сæ мæнмæ ’ввахс ничи цыди, æвæц- цæгæн, никæй фæндыди, куыд кусын, уый базонын. Æваст мын чидæр мæ фæсонтæ гæзæмæ бакъуырдта. Базыдтон, Бæби кæй уыди, уый (мæ хæдфæстæ бадти.) — Рафыстай? — фæстæмæ куы фæкастæн, уæд мæ афарста уый. — Рафыстон, — цыбыр дзуапп радтон æмæ та æрыв- нæлдтон мæ куыстмæ. Фæлæ та мæ ногæй фесхуыста 266
æмæ йæм фæстæмæ куы фæзылдтæн, уæд мæм йæ къух æрбадаргъ кодта цавæрдæр гæххæтты сыфимæ. — Мæнæ дын цæттæ — арæзтæй уыцы рард, стæй цæвпттонтæ дæр. Сыгъдæг рафыссынæй дарддæр сæ ницы хъæуы, — ныллæг хæлæсæй мын загъта уый æмæ хæрзиуæггæнæджы худт бакодта йæ мидбылты. — Нæ мæ хъæуы, ма мæ хъыгдар, — дзуапп ын рад- тон ныллæг, фæлæ тызмæг хъæлæсы уагæй, стæй йын йæ къух мæсты къуырд акодтон. — Цæмæн хъыг дарыс, Ипал, мæ хур? — уайдзæфы хъæлæсæй мæм æрбадзырдта Бæбийы мад, — фæлварæн- тыл алчи йæхи хъаруйæ фæкусы. — Æз никæй хъыгдарын, — аххосджыны хъæлæсæй загътон æмæ рахъавыдтæн æппæт дæр радзурынмæ. Фæлæ иуæй тарстæн, ме ’мбæлтты куы бакъуылымпы кæнон, уымæй, иннæмæй та мæ цыргъ джебогътау аныхстысты ахуыргæнæджы дыууæ тызмæг цæсты æмæ аныгъуылдтæн мæ быиаты. Бирæ, тынг бирæ рæстæг аивгъуыдта, цалынмæ мæ зæрдæ ме ’муд æрцыди, цалынмæ та мæ гаччы сбад- тæн, уæдмæ,. Æмæ, æвæццæгæн, уый тыххæй æппæ- тæй фæстæдæр æз радтон мæ фæлварæн куыст. Скъолайы кæрты мæм æнхъæлмæ кастысты Æхсар æмæ Зæлинæ. Уыдонæй чысыл æддæдæр, кæрты бру- йыл банцой кодта, афтæмæй лæууыди Бæби дæр. Мæ размæ базгъордтой Зæлинæ æмæ Æхсар. Æмдзыхæй мæ афарстой: — Гъы, куыд у? Сарæзтай йæ? Куыд æрæгмæ цыдтæ? 267
— Сарæзтон, — цыбыр дзуапп радтон æз. — Раетæй спргезтяй?—цымыднсæймæ афарста Æхсар." — Мæхпмæ гæсгæ раст у. Фæлæ ахуыргæнæгмæ куыд фæкæсдзæни, уый та пæхæдæг зопы. Исдуг алæууыдыстæм æнæдзургæйæ, стæп мæм уайдзæфы цæстæнгасæй æрбакаст Æхсар. — Бæби дыи цæттæ куыст куы лæвæрдта, уæд цæ- мæннæ сразы дæ? Цæуылнæ дзы спайда кодтай? — Æмæ Иналæн нæхиуыл Бæбипæ къаддæр сæр ис, æви математикæ~уымæй æвзæрдæр зоны? Цæмæн хъуа- мæ рафысса пскæй цæттæ куыст? — мæ бæсты мæсты дзуапп радта Зæлинæ.— Дæумæ гæсгæ, Инал иæхæдæг æнæ искæп æххуысæй пæ пыффысдзæпи фæлварæи куыст? Раст бакодта Ииал: ахæм „æххуыс" райсыи сæр- мæхæссинаг пæу. Уый æгад у. — Сæрмæхæссинаг пæу, æгад у,— фæзмæгау бакодта Æхсар.— Æмæ уæдæ æвзæр бæрæггæпæп куы райса, уæд уый уыдзæпи сæрмæхæссинаг лæвар, кады хъуыд- даг?.. — Цæмæн хъуамæ рапса æвзæр бæрæггæнæн? Æви ды æмæ дæ хæлар Бæби уымæй хуыздæр зопут мате- матикæ? — Æхсары ныхас фæлыг кодта Зæлинæ æмæ пæм хылгæнæджы цæстæпгасæй бакастп. „Стыр диссаг — Æхсар махмæ дард куы бады, уæд цæмæп базыдта, мæн æмæ Бæбийы ’хсæн цы ныхас рауади, уып?— бадпс кодтон мæхинымæр.— Æвæццæгæп ын’Бæби пæхæдæг радзырдта уыцы хабар, мæн фе- дзæсгом кæпынмæ хъавыдп". 263
— Æвæццæгæн мыл гæды узæлдтытæ дæр уымæн кодта абон, йæ мады ’ххуысæй цы рард сарæзта сæ хæдзары, уый дæр мын цæттæйæ ме ’ртты фæса- дзынмæ уымæн хъавыди, цæмæй йæ стæй ныццитт-цитт кодтаид æнæхъæн къласыл, загътаид æй йæ ахуыргæ- пæг мадæн, стæп къампсы уæпгтæп дæр, бафтыдтаид мæ ме ’мбæдтты æмæ ахуыргæнджыты цæсты. Афтæ дæ фæндыди, Æхсар? — Бæбимæ ацамонгæйæ, скалдтоп мæ мæстытæ. Сырх цæхæрайы хуьтзæи аци Æхсары цæсгом, лæбу- рæджы уад бакодта Бæбийы размæ. Йæ цæстытæм ын комкоммæ ныккаст. — Фæлæу-ма, фæлæу, хæлпудзых. Уæдæ мып цытæ дзырдтай? — ныццæвыны æввопг атымбыл кодта йæ ра- хиз къух, афтæмæп бадзырдта Бæбимæ. — Инал, дам, мын къуыри дæргъы лæгъзтæ кодта, баххуыс мып кæн, баххуыс мын кæн Æз, дам, ып фæтæригъæд кодтон. Сарæзтон рард, радтон, дам, ын æй, æркастн, дам, куыд арæзт у, уымæ, стæй, дам, мæм йæхи фæ- тызмæг кодта æмæ мæм æй фæстæмæ ’рбаппæрста. Дзырдтай афтæ, æви нæ? Зæгъ, пыртæккæ: дзырд- тай?! — Æз пикæмæи пицы дзырдтои,— кæуыпхъæлæсæн загъта Бæби æмæ пæ цæстæнгас скодта нæ фыды — скъолайы директоры — кабинеты рудзынгмæ. Фæдпс пыхъхъæр кæныны æввонг скодта пæ дзых. — Мæ къухтæ чъизи кæнын мæ пæ фæнды, æпдæра дып дæ сæтол донгæмттæ айвазпн пыртæккæ,— мæс- 269
тыйæ дзырдта Æхсар. — Афтæ ’нхъæлыс, иугæр дæ фыд ацы скъолайы директор у, дæ мад —ахуыргæнæг, уæд дын æппæт дзурыны, æппæт мысыны бар дæр ис! — Ныууадз æй, Æхсар. Къодахмæ дзурай, нæ дзурай, хъауджыдæр нæу,—бахатыд æм Зæлинæ æмæ йын йæ къухыл рахæцыди, цæуæм нæхимæ, зæгъгæ. Æмæ та цæттæ кæнын райдыдтам иннæ фæлварæп- мæ. Архайдтам раздæрæй тыхджындæр æмæ æнувыд- дæрæй. Билетты цыдæриддæр фарстытæ уыди, уыдо- нæй иу дæр нæ уагътам, дыууæ, æртæ хатты дзуапп кæмæн нæ радтам. Куы та-иу нæ дзуаппытæ фысгæ дæр ныккодтам, цæмæй сæ хуыздæр бадарæм нæ зæр- дыл. Æхсар æмæ Зæлинæ цæйдæр тыххæй архайдтой ууыл, цæмæй æз фылдæр фарстытæн дзуапп лæвæрд- таин. Æппынфæстаг нæм æрбаиу ис Хъæссæй дæр. Ахæм разæнгардæй куыста немæ, раст цыма уый дæр фæлварæнтæ дæттын хъуыди махимæ. Куы та-иу ахуыр- гæнæджы хæс райста йæхимæ: билеттæ-иу дæлгом фæлдæхтæй апырх кодта стъолыл, стæй-иу нын загъта: — Сисут фæйнæ билеты, сбадут хицæнтæй æмæ ахъуыды кæнут фарстытæн дзуаппытыл,— æмæ та-иу билетты номыртæ йæхимæ фæнысæн кодта. Дæс-фынд- дæс минуты фæстæ та нæ-иу бафарста, дзуапп дæттын- мæ’ цæттæ чи у, зæгъгæ, æмæ иу нæ радгай райдыдта фæрсын. Биноныг дзуаппытæ дæттын цы фарстытæн 270
нæ фæрæзтам, уыдон-иу нын бæстон бамбарын кодта. Æппæт дæр цыди хорз, фæлæ мæ фыццаг фæлва- рæн куыд рауади, цы бæрæггæнæн мын нывæрдтой, уый нæма зыдтон, гъе, æмæ мæ уый стыр катæйттыл æфтыдта. Сæ фæлварæн куыстыты хъысмæт нæма зыд- той Æхсар æмæ Зæлинæ дæр, фæлæ сæхи афтæ дард- той, цыма бынтондæр нæ тыхсынц, нæ тæрсынц. Тæрс- гæ нæ, фæлæ ма мæнæн дæр зæрдæтæ æвæрдтой, æп- пæт дæр нывыл уыдзæн, зæгъгæ. Иу райсом нæм цæйдæр тыххæй Æхсар æрæгмæ ’рбацыди. Гыцци æмæ Хъæссæй куыстмæ ацыдысты, Зариффæ дæр, алыхаттау, йæхи айста йе ’мбæлттæм. Æз æмæ Зæлинæ дис кодтам, тыхстыстæм, Æхсар зы- нæг кæй нæ уыди, уый тыххæй... Нæ зæрдæ нæ ради фæлхатт кæнынмæ. Æппынфæстаг фæзынди уый дæр. Йæ уагыл нæ уыди йæ цæсгомы хуыз. Фæлæ истæуыл тыхсти, æви цин кодта, уый рахатын нæ бон нæ баци. — Дæ цæсгом йæхи хуызæн куы нæ у, уæд цы кодтай? —- тыхст хъæлæсæй йæ афарста Зæлинæ. Æхсар ницы сдзырдта. Ахæм цæстæнгасæй нæм касти, цыма йæ тыхстдзинад, æви йæ цин цæй фæдыл уыди, уымæй нæ бафæрсынмæ хъавыди. „Æвæццæгæн нæ фæлварæн куыстытæй исты ’взæр хабар фехъуыста",— ахъуыды кодтон мæхинымæр. Дзуч рын не сфæрæзтон, фæлæ йæм фæрсæджы каст бакод- тои. — Дæу куы фæрсын, лæппу, цы хабар у? Кæм уыд^ 271
тæ, æрæгмæ цæмæн æрбацыдтæ?—йæхи фæтызмæг кодта Зæлинæ. — Скъолайы,—аххосджыны хъæлæсæй загъта Æх- сар.— Нæ фæлварæн куыстытæ куыд рауадысты, уый базопын мæ фæндыди. —-Æмæ исты базыдтай?—мæхи нал баурæдтоп æз æмæ мæ фарстæй мæхæдæг фæтарстæн. Мæ зæрдæ пыккæрзыдта, цыма мыл исчи ихджын дон ауагъта. Афтæ мæм фа^касти, цыма ныртæккæ зæгъдзæни: „Ба- зыдтон, базыдтон, Инал, æмæ иугæр фыццаг фæлварæп æвзæр рауади, уæд дарддæр хорзæй мацæмæ æнхъæл- мæ кæс". Фæлæ Æхсар тагъд нæ кодта пæ фарстытæн дзуапп раттыныл. Æнцад лæууыди къæсæргæрон, раст цыма йæ къæхтæ иыхасгæ бакодта пъолыл. Сыбыртт нæ код- та, цыма йе ’фсæртæ æндзыг баисты æмæ йæ дзых схæлиу кæнын нал фæрæзта. Йе нахуыр цæстæнгас нæ ’фтыдта æнкъард хъуыдыйыл. Æваст фегоми дуар. Цыма йæ исчи схойгæ ’рба- кодта, уыйау æрбасхъиудта Хазби. Мах фæджих стæм. Æз ма тæрсгæ дæр фæкоцтон, зæгъын, кæд заводы исты æнамонд хабар æрцыди. Мæ дзых фæхæлиу код- тон: хъуамæ Хазбийы афарстаин, цы ’рцыди, цæй фæ- дыл у дæ фæдис, зæгъгæ, фæлæ йæхæдæг фæраздæр ис: — Хæрзæгкурæггаг, хæрзæгкурæггаг, лæппутæ!-- нæ къухтæ тилгæ фæхъæр кодта Хазби. Хурау худтп пæ цæсгом. 272
— Фыццаг уый æмæ ам æрмæст лæппутæ пæй, фæ- лæ ма дзы ис чызг дæр,—бауайдзæф ын кодта Зæли- нæ.— Дыккаг та... — Бахатыр кæн, Зæлинæ, заводæй ардæм ахæм згъорд фæкодтон, æмæ чызг кæй дæ, суанг ма мæ уый дæр æрбайрохи, — худгæ æмæ тыхулæфтгæпгæйæ, загъ- та лæппу. — Ныртæккæ Аслæнджери федта ахуыргæ- лæджы. Фарста йæ дæ фæлварæн куыстæй. Ахуыргæ- пæг, дам, загъта, зæгъгæ, æппæтæй хуыздæр уын пыффыста йæ куыст, иттæг хорз бæрæггæнæн, дам, ранста. Ацы хабар фехъуыстон ныртæккæ, аходæны улæфты рæстæджы. Аходæп дæр а^рбайрох кодтон, аф- тæмæй ардæм згъорыныл фæдæн. Фырцинæй афтæ фæтыхстæн, æмæ мæ сæр нал æр- цахста, Æхсар æмæ Зæлинæйы куыстытæ куыд рауа- дысты, уымæй бафæрсын. Æрмæст ма бафæрæзтоп иу- пæг дзырд: — Æцæг? Хазби мæм ахæм цæстæнгасæй æрбакасти, цыма мын ныртæккæ бауапдзæф кæыдзæни: „Мæныл пе ’ууæн- дыс, фæлæ мын ацы хабар дæ ахуыргæнæг Аслæндже- ри загъта, ардæм дæр мæ уый рарвыста, æмæ дæ уый ныхас дæр нæ уырны?" Фæлæ уый пицы ма сдзырда, афтæ хъæрæй ныххудти Æхсар: — Æз дæр æй фехъуыстон. Скъолайы никæй бай- йæфтон, фæлæмын Бæби загъта, Инал æмæ, дам, Зæлинæ 18* 273
райстой тынг хорз бæрæггæнæнтæ, стæй ма но- джы... — Стæй ма ноджы Æхсар дæр,— йæ ныхас ын бах- хæст кодта Зæлинæ. — 0, Æхсар дæр,— сразы ис Æхсар. Кæрæдзийæн арфæтыл, нæ фыццаг фæлварæны ахæм æнтыстыл цин кæнын нын уый бæрц ацайдагъи, æмæ нæ хæрзфидиуæг— Хазби куыд ацыди, уый дæр нал бафиппайдтам. Цины хабар фехъусын кæнынмæ нæм заводæй ардæм кæй фезгъордта, уый тыххæй ма йын бузныг дæр нæ загътам, афтæмæй афардæги. Чи зоны нæм хæрам дæр фæци. — Иннæ дыууæ та чи сты, Æхсар? — исдуг æнæ- дзургæйæ алæууыны фæстæ, бафарста Зæлинæ. — Цавæр дыууæ? — Не ’ртæйæ дарддæр ма кæмæн нывæрдтой хорз бæрæггæнæнтæ, уыдон? — йæ фарст фæбæлвырддæр кодта Зæлинæ. Сæ иу Бæби кæй у, ууыл дызæрдыг нæ кодтон. Бæ- бийы мад искæмæн нывæра хорз бæрæггæнæн æмæ йæ- хи фыртæн пæ, ахæм каст нæ кæны. Уæлдайдæр та йын рард йæхæдæг сарæзта. Æмæ цæттæ куыст ра- фыссын цас диссаг у? — Иу дзы Бæби у,—цыма мæ хъуыды бамбæрста, ахæм хъæлæсы уагæй дзуапп радта Æхсар. Фæлæ мын шшæйы тыххæй ницы загъта, нæ йæ бафарстон. — Æй, гæды рувас, гъе! Нæ йæ бафарста, нæ йæ зоны!—- худгæйæ сдзырдта Зæлинæ. — Математикæ нæ къласы 274
не ’гшæтæй хуыздæр чи 301 ы, уый псм дæ ферохи? Бакæсут-ма, йæ цæсгом куыд асырхи. — Базыдтай йæ, Зæлинæ,—сразы Æхсар æмæ йæ сæр æрныллæг кодта. Æз бамбæрстон, ныхас Фæрды- гыл кæй цæуы, уый. „Номæвæрæг, дам, дæспы у", — хъуыстон хистæр- тæй æмæ тынг раст кæй у, уып мæ бауырныдта, Фæр- дыджы ном мæ зæрдыл куы ’рбалæууыди, уæд. Афтæ мæм касти, цыма канд нæ къласы, стæй не скъолайы нæ, фæлæ æнæхъæн горæты дæр уынд, конд, зонд æмæ хъаруйæ Фæрдыгæн æмбал пæй. Йæ диссаджы уæнгты конд, йæ уардигъуыз цæсгомы фендмæ чи нæ бабæллыдаид? Йæ аив мидбылхудт кæй зæрдæ нæ авæрд- таид хуры фарсмæ? Кафын æмæ зарынмæ та пын æм- бал быптон нæй. Цыма зæххы къорийыл иунæг адæймаг дæр нæ разындзæни, Фæрдыгмæ истæуыл чи бамæсты ис, кæй зæрдæ ныл бахудти. Хæрзæрæджы базыдтон, Æхсар æмæ Фæрдыг кæ- рæдзи кæй уарзынц, уый. Лæппу мын æй йæхæдæг дзырдта, стæй мып ныллæгъзтæ кодта, ныффæдзæхста, цæмæй пæ макæмæн радзурон. Æз уæд мæхинымæр тынг бахæлæг кодтон Æхсар- мæ, Фæрдыджпмæ кæрæдзи кæй уарзтой, уын тыххæй пæ, фæлæ чызгæн æргом зæгъыи кæй бауæпдыди, уар- зын дæ, зæгъгæ, уый сæраппоид. „Æз цæуылнæ дæп Æхсары хуызæн ныфсхаст, дзыр- дарæхст?" — загъд райдыдтон мæхиимæ. Саби ма куы уыдтæн, уæддæр ма мæ уд, мæ дзæцц 275
уыди Зæлинæимæ хъазын, стæй уый мыдгъуыз дзыкку- тæ ратон-батон кæнын. Куынæ йæ скæуын кодтаин, ахæм бонтæ арæх нæ уыдысты. Фæлæ мæм уæддæр нæ хæ- рам кодта. Йæ цæссыгтæ-иу асæрфта æмæ та-иу хъазын райдыдта мемæ. Иу хатт Зæлинæйы мад дзырдта гыццийæн. — Диссаг у ацы дыууæ сывæллоны хъуыддаг: иу- мæ куы вæййынц, уæд кæрæдзийы хъуынтæй хъисын- тæ кæнынц, хицæнтæй та æнæ сæ кæрæдзи фæразгæ нæ кæнынц. Мæ мард фен, Сæниат, кæд нæ мæлинаг чызг æхсæв йæ фыны дæр Иналы кой нæ фæкæны. Стæй та куы баиу вæййынц, чысыл иумæ куы ахъазынц, уæд та æнæхсæвæр бæхты ’внæлд фæкæнынц сæ кæрæ- дзимæ. —- Махоны аххос у, уый зонын, фæлæ йын цы кæ- нон? Иудадзыг куысты вæййын, æмæ... — Нæ, нæ, Сæниат, мæхи мæлинаджы раз аххосджын ничи уыдзæни,—мæн зылып кæнын нæ уагъта Зæлинæйы мад. — Налат у, налат. Дыууæ сылгоймаджы ныхас мæм дзæбæх хъуыст ин- нæ уатмæ. Фыццаг мын æхсызгон уыди Зæлинæйы ма- ды ныхас. Тынг дзы фæбузныг дæн, азымджын кæныи мæ кæй нæ уагъта, не ’нæкæрон хъаугъаты аххосаг йæ- хи чызгмæ кæй æппæрста, уый тыххæй. Стæй та мæм афтæ дæр фæкасти, цыма цæстмæ митæ кæны мæ ма- дæн: æз Зæлинæйы раз аххосджын уыдтæн, уый хорз зыдта, афтæмæй та йæ чызджы аххос кодта æппæт дæр. Тынг æм фæхæрам дæн, фæлæ дзургæ ницы скодтоп. ш
афтæмæй сæ.рæзты рахызтæи кæртмæ. Бафæндыди мæ Зæлинæйы фенын, æмæ азгъордтон сæ хæдзары ’рдæм. Уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийæн, дæ цæст сау у, зæгъгæ, дæр никуыуал загътам. Фæлæ уый уыди дыу- уæ сабийы сыгъдæг, æнæхин, æнæлаз хæлардзинад. Фæстæдæр мæм рынчындонмæ фыццаг хатт Æхсаримæ куы ’рбацыди, уæдæй нырмæ та уый фылдæр уарзын æви мæхи, уый нал хатын. Зæлинæйы-иу цы бон нæ федтон, йæ хъæлæс ын цы бон нæ хъуыстон, уыцы бон мыл-иу нал изæр кодта. Æхсæв та-иу фыдфынтæ æмæ æнкъард сагъæсты хай фæдæн. Цал æмæ цал хатты сфæнд кодтон мæхинымæр: „Зæ- линæйы та куы фенон, уæд ын мæ зæрдæйы бæллиц- тæ æмæ сагъæстæ ’ргом хъуамæ радзурон. Фæмысын, зæрдæ чи бацагайа, ахæм тыхджын хъуыдытæ, аив дзырдтæ. Фæлæ йæ æввахсмæ куы фенын, уæд та ме ’взаг аныхæсы комыкъултыл, дзых бамыр вæййы, цыма æфсæртæ бандзыг вæййынц, уыйау. Æмæ та мæ судз- гæ бæллицтæ рухс нæ фенынц, баззайынц мæ зæрдæйы арфы. Иу хатт та йæм фыстæг ныффыстон, фæлæ йæ раттын нæ бауæндыдтæн: куы мæм фæхæрам уа, уы- мæй тарстæн. Уастæн тæхудиаг фæуа Æхсар... Уыйау ныфсхаст, дзырдарæхст куы уаин, уæд бутъро къодахы сыгъд нæ кæнин мæхимидæг, „Æнудæсаздзыд, къамбецыйас лæг, дæ хъуыдытæ, дæ сагъæстæ æргом зæгъын ма фæраз! Нæй, дарддæр афтæ гæнæн нал ис. Æхсар сæхимæ куыддæр ацæуа, 277
афтæ Зæлипæйы раз хъуамæ байгом кæнон мæ мæгуыр зæрдæйы дуар..." — Цæй-ма, цы пыддонзоныгтæ стут? Æви абон фæл- хатт нал кæиæм? — Мæ сагъæстæй мæ фæиппæрд код- та Зæлинæ. Æмæ та пæхи цæттæ кæньш райдыдтам райсомы фæлварæпмæ. Рæстæгмæ та мæ фæуагътой мæ сагъæс- тæ. Ацы хатт мæ фæсонæрхæджы дæр нал уыди фæл- варæнтæй тæрсыны хъуыды. Афтæ мæм касти, цыма мын æппæт билеттæ дæр куы радтоп, уæддæр мæ цæст нæ фæныкъулдзынæн, нæ фæтыхсдзынæн. — Цы тæхудиаг у Æхсар. — Зæлипæимæ, æппынфæс- таг, иунæгæй куы аззадыстæм, уæд хæлæггæнæджы хъæлæсæй сдзырдтон æз. Цымыдисæй мæм бакасти Зæлинæ, стæй æртхъирæн- гæнæджы тылд бакодта йæ сæр. — Цæп охыл æм афтæ бахæлæг кодтай, Инал? Цы тæхудиаджы бои ыл æркодта дæ хъауджыдæр? Æви Фæрдыджы кæй уарзы, уый тыххæй скатай дæ? Нæ зыдтон, афтæ хæлæггæнæг дæ, уый. — Фæрдыджы кæй уарзы, уым диссагæй ницы ис, фæлæ... — Фæлæ йæ Фæрдыг дæр кæй уарзы, уый тыххæй?— хинæйдзаг фарст мæ акодта Зæлипæ æмæ хъæрæй ных- худти. — Фæрдыг дæр æй уарзы, уый кæй зопы Æхсар, — дзуапп радтои æз. Зæлинæ та худæгæй бакъæцæли. — Куыд зыны, афтæмæй ды дæр фæрынчып дæ кæй- 278
дæр уарзондзинадæй, — мæ цæстытæм мып ныккасти чызг. Йе стыр сау цæстытæ нæ, фæлæ, цыма, хуры зæ- рин тынтæ фæсагъдысты мæ зæрдæйы, афтæ фæдæн. — Æмæ уым диссагæй цы ис? Афон мын нæма у? Æхсарæй ма иу мæй хистæр нæ дæн, æви? — бафарс- тон чызджы, стæй цæйдæр тыххæй фефсæрмы дæн æмæ ныллæг æруагътон мæ сæр. — Афон нæ, фæлæ ма дын æгæр дæр байрæджы ис. Батагъд кæп искæй бауарзыпыл, науæд хорз нæ рауай- дзæн дæ хъуыддаг, — уайдзæфы хъæлæсæй мын загъ- та Зæлинæ. — Фæлæ кæд ды дæр Фæрдыджы бауарз- тай, уæд раст нæ бакодтой. Æхсар де ’мбал у, хæ- лæрттæ уæ хонынц адæм. Йæ фæндагыл ныццæхгæр уай, уый аив нæу... Тынг фæтыхстæн, Зæлинæ мæ раст кæй нæ бамбæрс- та, уый тыххæй. Цы йын загътаин, мæхи куыд сраст кодтаин, исдуг уый нал ахста мæ сæр. „Дур æхсыи чи нæ зоны, уый дзы йæ къæбут ныццæвы", — ахъуыды кодтоп мæ мид-зæрдæйы. — Фæрдыджы? Уанцон нæу! — цыма Зæлинæйы ны- хасæй тæрсгæ фæкодтоы, ахæм тыхст хъæлæсæй сдзырд- тон æппынфæстаг... — Фæрдыджы нæ, фæлæ... — Мæ пыхасы æрдæг мæ хъуыры фæсагъди: къæсæрыл æрба- лæууыдысты Хъæссæй æмæ гыцци. Ацы хатт пæ ба- цин кодтон, а-дунейыл мын æппæтæй æввахсдæр чи у, уыцы дыууæ адæймаджы фендыл. Раст цыма аргъæут- ты сыгъзæрин кæсаг фæцæйахстон, стæй йæ гыцци æмæ 279
Хъæссæй фæтæрсын кодтой æмæ денджызы арфмæ афардæги, афтæ фæци мæ зæрдæ. 7-Гъе, куыд у хъуыддаг, мæ гыццыл хæлæрттæ? Цæттæ стут райсомы фæлварæптæм? — цавæрдæр хи- пæйдзаг худт бакæнгæйæ, бафарста Хъæссæй? Æхсæвæр куы ахицæни, уæд та Хъæссæй стъолыл апырх кодта райсомы фæлварæны билеттæ. Радгай нын исын кодта дæлгоммæ фæлдæхтæй. Цымыдисæй хъуыс- та пæ дзуаппытæм, фæлвæрдта нæ, æрмæг куыд зонæм, уымæй. Куы та нын-иу амонгæ дæр акодта. — Чызджы сæ хæдзармæ бахæццæ кæн, Инал,—æп- пынфæстаг, нæ куыст куы фестæм æмæ Зæлинæ сæхи- мæ цæуын куы сфæид кодта, уæд мæм бахатыд Хъæс- сæй æмæ, йæ мидбылхудгæ, цæстæнгасæй цыдæр аца- мыдта гыццийæн. — О, о, мæ хъæбул. Бахæццæ йæ кæн, науæд æгæр æпафон у æмæ йæм мæ зæрдæ ’хсайдзæни. Ма фæзи- вæг кæн, мæ хъæбул, — бахатыд мæм гыцци дæр. Æхсызгои мын куыннæ уыдаид Хъæссæй æмæ гыц- цийы фæндон. „Фæндагыл ын радзурдзынæн ме ’ппæт хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Æргом ын зæгъдзынæн, уарзгæ нæ кæй кæнын, уый", —алыг кодтои мæхины- мæр. Уыигмæ куы рахызтыстæм, уæд ын арæхстгай бав- пæлдтон йæ цонгмæ. Уыди йыл æнæдыс кофтæ. Чызг куыддæр фесхъиуæгау кодта, цыма йæ пысыра басыгъ- та. Бакасти мæм дисгæнæджы цæстæнгасæй. Раст цыма пæ бæгънæг цонджы бæсты æхсидавыл ауади мæ къух, 280
афтæ фæци мæ зæрдæ дæр. Чызджы цопг куыд фе- уæгъд кодтон, уый иæ бамбæрстон. Æвиппайды та ампылди ме ’взаг, аныхæсти та комы- къулыл. Уый агъоммæ уырзæй цы рæсугъд дзьфдтæ февзæрстон, Зæлинæйы сæрыстыр зæрдæ басæттынмæ кæмæй хъавыдтæн, уыдон фæтарстысты, сырддоы цъиу- тау, æмæ апæр-пæр кодтой фæйнæрдæм. Мæ зæрдæ ме ’муд нал цыди. Иунæг сыбыртт нал схаудта мæ дзыхæй, афтæмæй балæууыдыстæм Зæли- мæты хæдзары раз. Æнхъæл дæн, „хæрзæхсæв у" зæ- гъын дæр ма йын нал сарæхстæн. Уыцы ’хсæв ме Чтæрæтты нал ауади хуыссæг. Мæ- хи хордтон фæсмонæй, Зæлинæйы цонгмæ кæй февпæлд- тон, мæ рогдзинад кæй равдыстон чызджы раз, уый тыххæй. Афтæ мæм касти, цыма ныртæккæ уый дæр, мæнау, рафт-бафт кæны йæ хуыссæны. Фырмæстæй ма, чи зоны, йæ цæссыгтæ дæр сæрфы. Чи зоны мæм загъд кæны йæхинымæр. Чи зоны... Æмæ цал „чи зоны"-йы фæзынди уыцы æхсæв мæ сæры! „Æвæццæгæн, Зæлинæ нæ хæдзары къæсæрæй ни- куыуал æрбакæсдзæни, никуыуал мæм сдзурдзæни. Ие нæуынон суыдзынæн". Ахæм æнкъард хъуыдытæ æмæ фæсмонимæ сыстад- тæн райсом мæ хуыссæыæй дæр. Цыма уæззау низæй фæсадтæн, уыйау мæ йæхимæ ласта зæхх. Зæрдæ уы- 231
ди мæйдар æхсæвæй тардæр, сæр куысыфтæгау — тутт. Бæргæ мæ нал æндæвтой фæлварæнтæ дæр, фæлæ мын цæй æнæцæугæ уыди? Уæд гыцци æмæ Хъæссæй куыд ахъуыды кодтаиккой, цы загътаиккой? Уæлдай тынгдæр та тарстæн мæ иунæг хо Зариффæйы уайдзæфтæй. Ныр сывæллон нал уыди — æхсæрдæс азы йыл сæххæсти. Кæ- рæдзи тынг бирæ уарзтам. Скъола каст кæй фæуд код- тон, ууыл мæнæй тынгдæр цин кодта. „Цалдæр азы фæс- тæ нæ хæдзары фæзындзæни дыккаг индзылер дæр",— цингæнгæ-иу дзырдта уый. Гъе, æмæ ныр фæлварæнтæм мауал ацу, скъола каст мауал фæу, дæхи дæр æмæ дæ бинонты дæр фыдæн- хъæл фæкæн? „Нæй, Зæлинæ мып ахæм æдылыдзинад нæ ныххатыр кæндзæни", — ахъуыды кодтон æмæ, расыг лæгау, цух-мухтæгæнгæ, ныххызтæн кæртмæ, краны уа- зал допæй мæхи ныхсадтоп. Мæ хуыссæгхъæлдзæг цæсгомыл æрмæст иунæг хатт скалдтон армыдзаг доп, афтæ мæ хъустыл ауади кæйдæр хъазæн ныхас: — Фæлварæнтæм цæуæг дзы ахæм куынæ уа1 Хур арвы астæумæ сфардæги, æмæ ды та... Æниу мин хъæлæсы ’хсæн нæ базыдтаин Зæлинæйы хъæлæс, зæлланггæнæг, зæлдагау фæлмæн æмæ мыдау адджын. Дысоны фыдæхсæзы æнкъард хъуыдытæ, фæс- мон æмæ хуыссæгхъæлдзæгæн сæ кой дæр нал фæзын- ди. Хуры зæрин тынтау, зæрдæ ныррухс кодта æгæрон циндзинад. Уæнгты февзæрдысты алæмæты тых аемæ ныфс. Хъуамæ разгъордтаип нæ размæ, иыхъхъæр код- таин: „Мæхи Зæлииæ! Мæ царды рухс стъалы!" Хъуамæ 282
йæ мæ хъæбысы йкодтаин, цæмæй мæ мауал бахъуыдаид „уарзын дæ, Зæлинæ, æнæ дæу цæрын мæ бон нал у", зæгъгæ, дзурын. Фæлæ... О, уыцы Зариффæ, уыцы За- риффæ! Æппындæр куы ницæмæн хъуыди, раст уыцы рæстæг нæ разы февзæрди мæ хо æмæ мæ фæнд мæ хъуыры фæсагъди. * * ... ■ Æппынфæстаг, ахицæн сты фæлварæнтæ. Æи- хъæлмæ кæсын райдыдтам хъомыладон аттестаттæ рай- сынмæ. Мæнмæ гæсгæ, уыцы хъуыддагмæ ’ппæтæй тынгдæр æнхъæлмæ кастæн мæхæдæг. Институтмæ ацæуыны тыххæй цыдæриддæр документтæ хъуыди за- водæй, стæй æнæуи дæр, уыдон цæттæ уыдысты. Уæ- дæ институтæй дæр дзуапп райстам Хъæссæйы писмо- йæн. (Уый йæхæдæг дæр кæддæр уыцы институт фæ- ци каст). Фыстой йæм, зæгъгæ, документтæ рахæссæд, фæлварæнтæ чи дæтдзæн, уый йæхæдæг, цæмæй, дам, иу мæйы бæрц байхъуса лекцитæ æмæ консультаци- тæм. ... Скъола каст фæуыны тыххæй нын аттестаттæ куы радтой, уæдмæ стыр хъазтизæр бацæттæ кодтой аивадон хихъæппæрисон къордтæ — кафджытæ æмæ за- рæггæнджытæ. Фæсивæд уыдысты сæ хуыздæр дарæ- сы. Се ’ппæты цæсгæмттыл дæр хъазыдысты стыр ци- иьт рухс тынтæ. Хъазт йæ тæмæны бацыди. Скъолайы стыр клубы 283
гом рудзгуытæй сæрдыгон æхсæвы фæлмæн уæлдæфмæ бырстой фæндыры аив зæлтæ æмæ фæсивæды æнгом æмдзæгъд, куы та сæ зæлланггæнæг хъæлæсты зард, Алчи æвдыста йæ арæхстдзинад. Суанг ма нæ дирек- торы дæр акафын кодтой. Уæды онг афтæ ’нхъæлдтон, цыма уыцы тызмæг, æдзух хъуынтъызæрфыг адæймап кафыны охыл йæ къах раст айсын дæр иæ сарæхсдзæн. Фæлæ Фæрдыджы ахæм истытæ æркодта йæ разæй, къахфындзтæ ахæм сæгътытæ ’ркодта, раст ын, цыма йæ уæхсчытыл цы азтæ æруæз кодтой, уыдонæн сæ фылдæр хай ахаудта. Æхсар æм ахæм каст ныккодта, цыма йæ йæ цæстæнгасæй ныррæхойынмæ хъавыди. Директор Æхсары уыцы æнахуыр цæстæнгас бафиппайд- та, æви фæллайгæ бакодта, уый йæхицæй дарддæр ничи базыдта. Фæлæ цалдæр зылды куы акодта Фæрдыджы фæдыл, уæд цæстæй ацамыдта Æхсарæн, раив мæ, зæгъгæ. Лæппуйы дæр ма хуыздæр цы хъуыди. Нæ кафыдыстæм, нæ зарыдыстæм æрмæст æз æмæ Зæлинæ. Дардæй кастыстæм хъал фæсивæды хъæлдзæг- дзинадмæ. Нæ зыдтон, стæй уый фæстæ дæр никуы бафарстон Зæлинæйы, уыцы ’хсæв, хъазтмæ кæсгæйæ, цæуыл хъуы- ды кодта, цы сагъæстæ йын агайдтой йæ зæрдæ, уы- мæй. Фæлæ мæхицæн æнцой нæ лæвæрдта иу фыдахин хъуыды: , „Каст фæдæн скъола. Институтмæ цы документтæ бавдисын хъæуы, уыдон иууылдæр мæхимæ сты. Ахсæв ма дæн ам, ахсæв ма мын ис Зæлинæимæ алæууыны, 284
мæ зæрдæбын иыхас ын зæгъыны фадат. Стæй цæугæ кæнын. Кæд ма фембæлдзыстæм, кæд ма ’нын фæуы- дзæни ныхас кæныны фадат, куыд ныссаджилтæ уыдзыс- ты нæ фæндæгтæ? Чи йæ зоны. Иу институтмæ куы цæуиккам, уæд ма ницы кæны, фæлæ хицæн горæтты ахуыр кæндзыстæм, æмæ... Куыд фæсайон заводы раз- амонджыты, Аслæнджерийы? Куыд бацæуон мæ мад æмæ мæ фыды (уый Хъæссæйæ зæгъын) хъыджы? Æн- дæра æз дæр Зæлинæимæ ацæуин ахуырмæ... Райсом ацæудзынæн, æмæ Зæлинæ та? Нырма йын, лæппуйау, иу æргом ныхас куы никуы загътон, уæд æй куыд ныу- уадзон? Куыд ацæудзынæн? Институтмæ экзаментæ куыд дæтдзынæп, мæ зæрдæмæ хъусгæйæ. Нæй, афтæмæй никуыдæм ацæудзынæи, никуыдæм фæхæццæ уыдзы- пæн. Цыфæнды мæм хæрам кæна, йæ арм мыл бынтон куы сиса, уæддæр ын ахсæв хъуамæ байгом кæнон мæ зæрдæйы сусæгдзинæдты дуар. Кæнæ ныртæккæ, кæ- нæ æппындæр никуы..." — Афтæ мæм фæкасти, цыма мæм бæстон хъуысын райдыдта мæ зæрдæйы тыррыкк-тыррыкк, цыма мын уый дæр дзырдта, разæнгард мæ кодта: „Ныртæккæ, ныр- тæккæ!" — Дæ хъустæ цы ’рыппæрстай, Инал? Исты дæ рис- сы? — тарстхуызæй мæ афарста Зæлинæ æмæ йæ уæз- дан конд къух авæрдта мæ ныхыл. — О, риссы, — цыбыр дзуапп радтон æз, стæй бын уæзæй сулæфыдтæн æмæ ма мæ ныхасмæ бафтыдтон: — Мæ зæрдæ риссы. Я85
— Мæ къонайыл! Æмæ цы кодтай? Цæмæй риссы дæ зæрдæ? Туджы ’ртах куынæуал ис дæ цæсгомы? Цом, сыгъдæг уæлдæфмæ ацæуæм, кæд дын фенцондæр уаид. Исдуг æнæдзургæйæ абадтыстæм скъолайы кæрты пæлæхсар бæласы бын фахсбандоныл. Сæрдыгон æхсæ- вы рог уддзæф рæвдаугæ хъазыди бæласы фæтæн сыф- тæртæй. Сæ фæлмæн сусу-бусу мын цыдæр ныфс, цы- дæр æхсар бауагъта мæ зæрдæйы. Æваст фæзылдтæн Зæлинæйы ’рдæм. — Зæлинæ, — æппынфæстаг ратахти ме ’взаджы цъуп- пæй. — Цы кæныс? Тынгдæр риссы дæ зæрдæ? — раз- дæрæй тарстдæр хъæлæсæй мæ афарста чызг æмæ та мын йæ армытъæпæн мæ ныхыл авæрдта. Æз сабыргай бавнæлдтон æмæ йын йæ фæлмæн къух мæ ныхæй æристон, мæ риуыл æй авæрдтон тæккæ зæрдæйы ком- коммæ. — Зæрдæ адæймагæн йæ ныхыл нæ вæййы, фæлæ— йæ риуы, мæнæ ацы ран. — Æмæ чызджы къух ахъаз- заг балхъывтон мæ риумæ. — Рисгæ нæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, бынтон бафынæй ис дæ зæрдæ, æппындæр нал кусы, — загъта чызг, фæ- лæ хъазгæ кодта, æви йæм æцæг афтæ фæкасти, уый зын рахатæн уыди, стæй, цыма, мæ зæрдæйы гуыпп- гуыпп ма хъуысы, æви нал, уый базоиын æй фæндыди, уыйау, ныртæккæ йæ къух кæм æвæрд уыди, уым авæрд- та йæ хъус. — Дзæгъæлы мæ фæтæрсын кодтай. Раст ^сЬ
дæ сахат куыд дзæнг-дзæнг кæны, дæ зæрдæ дæр — афтæ. — Мæ сахат къуыри иунæг бон йедтæмæ нæ кусы æмæ уыцы бон дæр раст нæ фæцæуы. Гъе, æмæ кæд мæ зæрдæ дæр афтæ у, уæд тынг бæллиццаг нæу мæ хъуыддаг, — хъазæнæмхасæн загътон æмæ мæ къух æр- сæрфтон чызджы уадулыл. Тарст сæгуыты схъиуд фæ- кодта. Йæ уадулæй арæхстгай райста мæ къух, йæ уæ- рагыл æй æрæвæрдта æмæ йæ рæвдаугæ сæрфын бай- дыдта. Фæныфсджындæр дæн, дзурыимæ фæрæвдз дæн. Ныр мæ агурын, уырзæй æвзарын нал хъуыди, Зæлинæ- йы зæрдæ чи бацагайдтаид, ахæм дзырдтæ, хъуыды- уæттæ. Уыдон сæхæдæг æвзаджы цъуппæй сæррæтты- тæ кодтой кæрæдзийы фæдыл. Скалдтон, уæды онг зæгъын цы нæ уæндыдтæн, уыдон се ’ппæт дæр. Чызг мæм хъуыста цымыдисæй, фæлæ дзургæ ницы кодта. — Цæй-ма, Зæлинæ, исты зæгъ ды дæр, — балæгъз- тæ йын кодтон. — Æз хъазтмæ нал бацæудзынæн, Инал. Кæд дæ фæнды, уæд мæ нæхимæ бахæццæ кæн, — мæ бирæ фарс- тытæн дзуаппы бæсты фехъуыстон йæ фæлмæн хъæ- лæс. Уый агъоммæ бнрæ хæттытау та ныр дæр цыдыстæм æнæсыбырттæй. Цыдыстæм, фæлæ мæм афтæ касти, цы- ма мæ зæрдæйы ныххаудта ихы хуызæи уазал дур, мæ къæхтыл та цыма баст уыди куыропы фыдтæ. — Куыд кæсын, Инал, афтæмæй та дæ зæрдæ срыс- .287
ти, æгæр ныхъхъус дæ, — сæ хæдзармæ куы баввахс- ыстæм, уæд загъта Зæлинæ æмæ йæ цонг атъыста мæ дæлармы. —- Уарзыны бар нæй мæ зæрдæйæн, фæлæ йын рис- сыны бар дæр нал ис? — уайдзæфгæнæгау, бакодтон æз. — Уарзыны бартæн исæн нæй, стæй сæ ничи байс- дзæн. Фæлæ хъуамæ иу чысыл анхъæлмæ кæсын дæр зона уыцы зæрдæ. Ардыгæй райсоммæ дзуапмæ багæ- дзæ кæныи цы зæрдæ нæ бафæраза, уып мæ риуы нæ фæуадзин, — сæ хæдзары размæ та куы бахæццæ стæм, уæд загъта Зæлинæ, -- Бузныг, кæй мæ æрбахæццæ код- тай, уый тыххæй. Райсом уæм бацæудзыиæн дæу афæн- дараст кæныиы тыххæй. Хæрзæхсæв. — Æмæ пæ цоиг фелвæста мæ дæлармæй. Раст цыма мæ зæрдæйы тæгтæп сæ тæккæ ставд- дæр аскъуыди, афтæ фæдæн. — Æмæ дзуапп та? — бафарстон ма æз. — Уый дæр — райсом, — радзырдта ма мæм, стæй кулдуары мидæгæй фæци. Æмæ та ноджы иу æнæхуыссæг æхсæв. Кæрон нал уыди сæрдыгон цыбыр æхсæвæн. Мæ хъуыдытæ мæ сæ цырд базыртыл кæм нæ балæууын кодтой, кæдæм мæ нæ фескъæфтой!! Æмæ та мæ-иу фæстæмæ мæ хуыссæны куы ’рывæрдтой, уæд та-иу мæ хъустыл ауади Зæли- нæйы дысопы дзуапп: „Уый дæр райсом", зæгъгæ. Мæ цæстытæ-иу фæцарæзтоы рудзынгмæ. Фæлæ нæй, Зæ- линæ мæ фарстæн дзуапп раттыныл куыд пæ тагъд код- та, йæ кæройпаг ныхас мын цы райсоммæ бамгъуыд код- 288
та, уый дæр афтæ нæ тындзыдта нæ рудзынгæй æрба- кæсынмæ, мæ зæрдæ барухс кæнынмæ. Фæлæ æхсæв йæ кæронмæ куыд хæццæ кодта, афтæ мæ тынгдæр сæ быны скодтой дызæрдыг хъуыдытæ: „Цы дзуапп мын ратдзæни Зæлинæ? Зæрдæхъæлдзæггæнæн, æви зæрдæ- риссынгæнæн?" Æппынфæстаг мæм рудзынгæй æрбагудзицц кодта, афтæ æнувыдæй кæмææнхъæлмæ кастæн, афтæ тынг кæмæй тарстæн, уыцы райсом. Раст мæ цыма цавæрдæр æнæуынгæ нæртон тых раскъæфта хуыссæнæй, ахæм сæррæтт ракодтон. Мæ дарæс мæ уæлæ куыд фев- зæрдысты, уый нæ бафиппайдтои. Уантагъд кæрты мæ тъæпп фæцыди. Нæй, зæрдæйы æнæнцойдзинадæй дарддæр мын ни- цы ’рхаста уыцы райсом, уыцы бон! Цалынмæ вокзал- мæ араст дæн, уæдмæ, æвæццæгæн, сæдæ хатты раз- гъордтои кæртмæ. Уырдыгæй — уынгмæ. Дзæвгар-иу фæкастæн, Зæлинæ кæцырдыгæй хъуамæ ’рбацыдаид, уыцы ’рдæм. Фæлæ та-иу фæстæмæ ’рбаздæхтæи сæр- гуыбырæй. — Цæуыл тыхсыс, лæппу? Цы хабар у? Æви дæ цæ- уын нал фæнды? — дисгæнгæ мæ афарста гыцци. — Куы ницæуыл, гыцци, — æвæндонæй дзуапп радтон æмæ та рудзынгæй уынгмæ акастæн. Вокзалмæ мæ афæндараст кодтой Хъæссæй, гыцци æмæ Зариффæ. Хистæртæ цыдысты разæй, æз æмæ Зариффæ та —сæфæстæ. Гыцци æмæ Хъæссæй цыдæр зæрдиаг ныхас кодтой пыллæг хъæлæсæй. Дзырд мæ- 19* 289
иыл кæй цыди, уый хатыдтон, фæлæ цы дзырдтон, уый бæлвырдæй нæ хъуыстон. Æппынфæстаг, „Зæли- пæ", зæгъгæ, кæйдæр ныхас ацахстой мæ хъустæ. Ахæм схъиуд фæкодтон, цыма сындз фæныхсти мæ къахы. Зариффæ мæм фæрсæджы каст æрбакодта. — Æмæ йæ уыдон та цæмæй зонынц? — Куыд цæмæй зонынц? — Зариффæйы фарстæн дзуапп радтон фарстæй. — Ды æмæ Зæлинæ кæрæдзимæ цы цæстæнгасæй кæсут, уый? --Æмæ йæ цæмæй зоныс? — Æгæр дæр æй зонын, фæлæ мæ дзыхыл хæцын. — Æдылы ныхæстæ ма кæн, чызг! Нырма саби дæ æмæ ницы æмбарыс, — барæй йæм мæхи фæтызмæг кодтон. — Саби дæ... Ницы ’мбарыс, — фæзмæгау бакодта Зариффæ. — Ау, Къоста дæр ма куы фыста: „Æхсæр- дæсаздзыд — лæджыбындзæфхад", зæгъгæ. Æмæ чыз- гæй лæджы бындзæфхад нæ рауайдзæни, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ усы бындзæфхад та? Æви мæ цæстытæ нæ уынынц, мæ хъустæ нæ хъусынц? — Цæй-ма, цы зоныс, „усы бындзæфхад?" — ныр та йæ æз афæзмæгау кодтон. Чызг фæмæсты æмæ фæс- тæмæ згъорыныл фæци. „Фæндараст" дæр ма мын нал загъта. Æз ма йæм бæргæ дзырдтон, фæлæ мæм кæс- гæ дæр нал фæкодта. Мæ бынаты сагъдау баззадтæн, æмæ цалынмæ уынджы тигъыл фаууон ис, уæдмæ кас- тæн йæ фæдыл, стæй, фæсмонгæнгæ, атындзыдтон гыц- ци æмæ Хъæссæйы фæстæ. 290
„Цæмæн фæтæргай ис Зариффæ? Цæмæн æй смæс- ты кодтон? Æвæццæгæн, исты фиппайдта, æмæ-иу уы- мæн архайдта æз æмæ Зæлинæйы иунæгæй фæуадзы- ныли, — хъуыды кодтон æз. ... Бæлццæттæ се ’ппæт дæр сбадтысты вагæтты. Æз дæр хæрзбон загътон мæ мад æмæ мæ фыдæн. Æн- къард зæрдæимæ схызтæн вагоны тыргъмæ. Поезд ацæ- уыны тыххæй дзæнгæрæджы зæлланг азæлыди уæлдæ- фы, сæ бæлццæтты чи фæндараст кодта, уыдонæй чи йæ къух тилы, чи йæ къухмæрзæн, чи та йæ худ. Рай- хъуысти тæфласы гуымæджы уаст. Вагæттæ кæрæдзи бакъуырццытæ кодтой се ’ндон ныхтæй. Поезд, зивæг- гæнгæ, акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ. Æваст мæ хъустыл ауади Зариффæйы хъæлæс. Уæд- мæ нæ вагоны размæ ’рбазгъордтой Зæлинæ æмæ За- риффæ. Зæлинæ мын мæ къухты фæсагъта æхгæд кон- верт. Аххосджын худт бакодта йæ мидбылты, стæй йæ къух тилын байдыдта, йæ цыд тагъдæй-тагъддæр цы поезд кодта, уый фæдыл. Горæт фæсте раджы баззади, фæлæ ма уæддæр лæу- уыдтæн вагонмæ схизæн асины сæр æмæ кастæн, гыцци æмæ Хъæссæйы, стæй Зæлинæ æмæ Зариффæйы лæу- гæ кæм ныууагътон, уыцы ’рдæм. Æппынфæстаг, бацыдтæнмидæмæ. Æрцагуырдтон мæ быпат. Уый фæстæ райхæлдтон конверт. Систон дзы цыдæр гæххæттытæ. Се ’хсæнæй рахауди Зæлинæйы хуызист æмæ мæм дзы бахудтысты дыууæ стыр сау цæсты. Къамы чъылдымыл скъоладзауы ставд хъæрныв- тæй фыст: „Уый дын мæ дзуапп, Ииал. Ма мæ ферох кæн. дæхи Зæлинæ". 291
ИУÆНДÆСÆМ СÆР X А X У Ы Р Фыццаг фæлварæнмæ уый бæрц фæсивæд æриыди, уый бæрц, æмæ базмæлæнтæ нал уыди канд æнхъæлмæ- кæсæн стыр залы нæ, фæлæ ма уыцы дæргъæй-дæргъмæ къалидоры дæр. Чызгæй-лæппуйæ уыдысты сæ бæрæг- боны дарæсы. Кæмæн сæ йæ къухы уыди цавæрдæр бæзджын чингуытæ, кæмæн — тетрæдтæ, кæмæн та — сæ иутæ дæр æмæ се ’ннæтæ дæр. Лæууыдысты чы- сыл къордтæй, ныхас кодтой математикæйы алыгъуы- зон фарстыты фæдыл (фыццаг фæлварæн математикæйæ лæвæрдтой), сæ иутæ, æвæццæгæн, хъавыдысты, сæ алыварс чи ис, уыдон хъарутæ, уыдон цæттæдзинад базонынмæ, иннæтæ та — сæхи зонындзинæдтæй раппæ- лынмæ. Иунæгæй, гобийæ, рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæн- цойгæнгæйæ, лæууыдтæн æрмæст æз. Лæууыдтæн æмæ хъуысуон æнæзонгæ фæсивæды ныхасмæ. Куыдфæстаг- мæ афтæ арф аныгъуылдтæн цавæрдæр тыхст хъуыдыты, æнахуыр катæйтты, æмæ хъусгæ дæр нал кодтон, мæ 292
алыварс цы алыгъуызон ныхас кодтсй, уый. Æппынфæс- таг мæм фæзынд дызæрдыгдзинад, уый фæстæ та фæс- мон: „Утæппæт адæмы ’хсæн æз цæй фæлварæнтæ рат- дзынæн? Фыццаг курсмæ айсын цал æмбæлы, уымæй бирæ фылдæр разындзæн, мæнæй хуыздæр бæрæггæнæн- тæ чи райса, ахæмтæ... Æз та куыстæй дæр мæхи фæ- хауæггаг кодтон æнæхъуаджы æмæ рæстæг дæр дзæ- гъæлы сафын... Мæ хъарутæ цæуылнæ абарстон ардæм рацæуыны агъоммæ? Цæуылнæ байхъуыстои Зæлинæмæ? Уый цы институтмæ радта йæ документтæ, уырдæм цæуылнæ барвæсыдтæн? Цæмæй бафауинаг у педагогон институт, ахуыргæнæджы дæсныйад. Æнæмæнг мæ ин- дзылер суæвын бафæндыд. Æмæ ныр ам дæр куы ницы нытътъæпæн кæнон æмæ пединститут дæр мæ иувæрс- ты куы ауайа, уæд та?" Æваст рамæсты дæн Хъæссæймæ (мæ цæрæнбонты йæм уыцы иунæг хатт смæсты дæн). „Уый йæхæдæг ацы институт куы фæци каст, хорз куы зоны, ам фæлварæнтæ раттын куыд зын у, уæд мæ цы сцопп кодта, цæмæн мæ рарвыста?" Фæлварæнтæ ныууадзон æмæ афардæг уон, æнæ- хъуаджы ма мæхи цæмæн æгад кæнын, зæгъгæ, суанг ма мæм ахæм хъуыды дæр æрцыд. Фæлæ уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, нæхицæй мæ куыд фæнда- раст кодтой стыр горæтмæ, цытæ мын фæдзæхстой ме ’мбæлттæ, стæй Аслæнджери, Хъæссæй, гыцци, суанг ма Зариффæ дæр, уыдæттæ. „Цыппар азы фæстæ каст фæуыдзынæн изæры скъо- 293
ла æмæ æз дæр дæ ипстптутмæ цæудзынæи ахуырмæ, æрмæстдæр уырдæм", — Хазбийы пнха^стæ дæр мæ зæр- дыл æрлæууыдысты. Мæ уыцы æнкъард хъуыдытæ кæропмæ нæма бахæц- цæ сты, афтæ мæ разы æрбалæууыд Бæби. Мæ цæс- тытыл нæ баууæндыдтæн. Дис мыл бафтыд, кæцæй фæци, ам цы архайы, зæгъгæ. — Æз дæ раджы федтон, дардæй дæм кастæн, фæлæ æцæг ды дæ, уый мæ нæ уырныдта, — тагъд-тагъд дзырд- та Бæби. — Ды дæр ардæм дæттыс фæлварæнтæ, уый нæ зыдтон... Мæ фенд ын æхсызгон кæй уыд, уый бæлвырдæй зын- ди йæ ныхасыл, стæй йæ цингъуыз цæсгомыл дæр. Мæхицæн дæр тынг æхсызгон уыд пæ фепд. Æваст мæ ’рбайрох сты, уый агъоммæ цыдæриддæр мæстытæ мæ зæрдыл дардтонканд Бæбийæ нæ, фæлæ ма йæ мад æмæ йæ фыдæй, уыдон дæр. Дис дæр ма мæм фæкасти, мæ зæрдæмæ афтæ æввахс чи уыди, уымæ фыдæх цæстæнгасæй куыд кастæн ныры онг. Æваст æрбайсæф- тысты, иыртæккæ дæр ма мæ афтæ цы фæсмоп, ды- зæрдыгдзинæдтæ раппар-баппар кодтой, уыдон. Ныр та мæм цæйдæр тыххæй афтæ фæкасти, цыма уым цы бирæ фæсивæд æрымбырд ис, институтмæ бахауыныл чи тох кæндзæни, уыдонæй се ’ппæтæй фылдæр зоныи, се ’ппæтæй мын хуыздæр бæрæггæпæнтæ пывæрдзыс- ты, се ’ппæтæй раздæр мæн айсдзысты институтмæ. Мæхимæ хæцыдтæн, кæй фæтыхстæн, кæй фæтарстæи, уый тыххæп. 294
— Мæ фыд дæр мемæ ’рцыд. Бæстон баныхас код- та ам, æппæты сæйрагдæртæ чи ис, уыдонимæ, бафæ- дзæхста, базонгæ мæ кодта семæ, — рапиæлыд’ мыи йæ хицæй æмæ йæ фыдæй. Стæй цæуылдæр ахъуыды код- та, худгæ мæм бакаст æмæ йæ ныхæстæм бафтыдта: — Тæрсгæ ма кæн, Инал, дзæгъæл дæ нæ ныууадз- дзынæн. Уыцы лæгтимæ дæ базонгæ кæндзынæн, бафæдзæхсдзынæн, балæгъзтæ сын кæндзынæн, цæмæй дæуæн дæр баххуыс кæной. Фæлæ дæхæдæг дæр рæвдз фæлæу, архай æдыхстæй... Ноджы ма цыдæртæ дзурын фæндыд Бæбийы, фæлæ йын йæ ныхас фæлыг кодта, къæсæрыл цы хæрзконд сылгоймаг фæзынд ’æмæ, мидæмæ рахизут, ныртæккæ фæлварæн райдайдзæн, зæгъгæ, чи фехъусын кодта, уый. Æваст фескъуыдысты æнхъæлмæкæсджыты æп- пæт ныхæстæ дæр. Мæ алфæмблай ныхъхъус, ныссабыри, фæлæ йæ бынатæй ничи фезмæлыд. Кæрæдзимæ æна- хуыр знæт цæстæнгасæй кастысты. Дуармæ хæстæг чи лæууыд, уыдон дæр, мидæмæ бахизыны бæсты, сæхи райстой æддæдæр. Раст цыма уыцы фæлварæнтæ цы залы уыдысты, уымæ бахизæны фæстæ æнæбын уæрм ис, æмæ уым ныххауынæй тарстысты, уыйау дзы къæ- сæры сæрты йæ къах байсынмæ ничи хъавыд. — Чиныг, гъе, тетрад уæ кæмæ ис, уыдон сæ уæр- тæ уыцы стъолыл ныууадзæд, аудиторимæ ахæмтæ хæс- сыны бар нæй, — бафæдзæхста уыцы æрыгон сылгоп- маг,—къæсæрыл та ногæй куы фæзыид, уæд. — Рæвдз- дæр змæлут, рæстæг дзæгъæлы ма сафут. 295
Куыддæр фæсырхи Бæбипы цæсгом, пæ дæларМ цы бæзджын тетрад уыди, уымæ ахæм цæстæнгасæп ■ ба- касти, цыма пæ хуыздæр хæларæй æнусмæ хицæн код- та. Стæй йын йæ сыфтæ кæрæдзийы фæдыл цырд фæл- дахын райдыдта, цалдæры дзы сыскъуыдта, йæ дзыппы сæ авæрдта. Уый фæстæ фæрасти, сылгоймаг цы стъол- мæ ацамыдта, уырдæм. Æппæтæй раздæр бахызтæн, утæппæт фæсивæд афтæ тынг цы дуарæй тарстысты, ууыл. Мæ фæдыл иугай-дыгай цæуын байдыдтой иннæтæ дæр. Цалдæр минуты фæстæ йæ тæккæдзаг баци уæрæх, райдзаст зал. Сс ’ппæт дæр куы сбадтысты, куы ныхъхъус стьт, уæд нып уыцы сылгоймаг байуæрста 1æххæтты сыфтæ, бафæдзæхста нæ, гæххæтты сыфтыл уæ йæ ном, мыг- гаг мачи ныффыссæд, зæгъгæ, йæхæдæг дуары æдде фæци. Уый бæсты æрбацыдысты æртæйæ. Сæ иу æр- лæууыди стыр сауахуырст фæйнæджы раз. Йæ къухы цы гæххæтты сыф уыди, уымæ æркæс-æркæсгæнгæ, фæйиæгыл пыффыста рардтæ. Стæй йæ цæст ахаста, стъолы фарсмæ чи ’рныгъуылди, уыдоныл æмæ та нæ уып дæр бафæдзæхста: -— Алы стъолыл дæр галиуы ’рдыгæй чи бады, уыдон рафыссæнт мæнæ уыцы рард æмæ æртæ бахынцинаджы, рахизæрдыгæй чи бады, уыдоп та — дыккаг рард æмæ г.æ быны цы бахынцинæгтæ ис, уыдон. Бамбæрстат? Мах рафыстам, куыд нын бацамыдтой, афтæ. — Фæдзæхсын уæ, — ногæй та райдыдта уыцы æл- 296
вæСтастæу, бæрзондгомау лæппу-лæг, йæ кæсæицæсты- '1Ь'Л хæрдмæ фæхæцгæйæ,—рæстæг уын фагæй уæлдай дæр ис. Кусут сабыргай, æдыхстæй. Кæй уын байуæр- стам, уыдонæй дарддæр исты фыст кæмæ бафиппайæм, уый-иу нæ ма рахъаст кæнæд... Кæрæдзийы куыстытæм ма кæсут, кæрæдзн ма хъыгдарут... Кæд уæ искæмæ исты фарст ис, уæд зæгъæд, æфсæрмы ма кæнут... Райдыдта нæ фыццаг фæлварæн. Мæ зæрдыл та æрбалæууыд Хъæссæйы иыхас: „Фæлварæнтæ дæтгæйæ, æппæтæй ахсджиагдæр у, адæймаг куынæ тыхса, са- быр, биноныг, хъуыдыгæыгæ куы куса, уæд уый..." Гъе, æмæ райдыдтон архайын æдыхстæй, алы фарстыл дæр бæстон хъуыдыгæпгæйæ. Райдайæны куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй зындæр аразæн, вазыгджындæр разынди ,рард. Цас хт>уыды, цас фыдæбон бахъуыд йæ саразыиыл! Фæлæ йæ уæд- дæр сарæзтои. Æмæ бахынцинæгтæ аразынмæ куы ’рыв- нæлдтон, раст уыцы рæстæг мæ иувæрсты б^расти Бæби. Йæкуыст æрæвæрдта, фæлварæнтæ чи иста, уы- дон стъолыл. Фæстæмæ цæугæйæ мæм цавæрдар ныфс- æвæрæн худт бакода æмæ ахызти къалидормæ. Мæнæн иуæй æхсызгон уыди, Бæби йæ куыст æп- пæтæй раздæр кæй фæци, уый, иннæмæй мæ сагъæсы баппæрста: „Нырма ме ’ртæ хынцинаджы аразинаг сты, стæй сæ сыгъдæг рафыссын хъæуы. Æмæ мын рæстæг куынæ сфаг уа, уæд та?" — бакатай кодтон мæхинымæр. Æрбайрох мæ ис Хъæссæйы фæдзæхст дæр, афтæмæй тындзын райдыдтон мæ куыстыл. 297
Æппынфæстаг арæзт фесты мæ хынцинæгтæ дæр. Уый фæстæ сæрæп кæронмæ бакастæн мæ куыст, æн- дæр гæххæтмæ пæ рафыстоп сыгьдæг. Стæп та кæ- сып рапдыдтоп сыгъдæг фыст. — Рæстæг .фæци, æмбал. Ратт дæ куыст, — æгуып- пæг залы анæрыди, рардтæ фæйнæгыл чи ныффыста, уыцы лæппу-лæджы хъæлæс. Дис мæм фæкасти, æнæ-, хъæн æртæ сахаты рæстæг кæуылты атахтысты, уый. Мæ куыст фæлварæнгæнджыты размæ куы бахастон, æрмæст уæд бафиппайдтоп, къамисы уæнгтæй дарддæр ма залы иунæг æз кæй аззадтæн. Бæрæг нæу, мæхи- цæй тынгдæр фефсæрмы дæн, æви къамисы уæнгтæй, фæлæ мæ цæсгом кæй асырхи, уый бамбæрстон. — Дæ мад, дæ фыды хатырæй, куыд бирæ бадтæ, куыд сындæг архайдтай, æви фынæй бадæ?—йæ мид- былты худгæ мын бауайдзæф кодта Бæби, къалидормæ куы рацыдтæн, уæд. — Ам мæ иунæгæй, дæумæ ’нхъæл- мæ кæсгæйæ, æнкъарддзинад æмæ хуыссæг фæцæй- бырста. Тынг мæ фæндыд дæуæн баххуыс кæнын, фæ- лæ фыццаг уый, æмæ мæ фыды зонгæтæй ничи уыд ацы лæгтимæ, дыккаг та уый, æмæ... Байгоми, ныртæккæ цы залæй раирвæзтæн, уый дуар. Кæрæдзийы фæдыл рахызтысты, фæлварæнтæ чи иста, уыцы ’ртæ лæджы. Дызæрдыггæпæджы цæстæй пæм æрбакастысты. -т- Дыккаг та уый, — кæртмæ куы ’рхызтыстæм, уæд пæ иыхас адарддæр кодта Бæби, — æмæ мæ тетрадæн цы сыфтæ раскъуыдтоп, уыдопæн дæуæп чи бабæззы- 298
данд, чи дьш феххуыс уыдаид, ахæмæй дзы нйцы ра зынд æмæ мын бахатыр кæн... Мæхицæн нæ тæрсын, фæлæ дæуæн кæд абон дзæбæх рауайа дæ хъуыддаг, уæд сæ уый фæстæ мæ бар уадз... Фæлæ дыккаг хатт куы ’рцыдыстæм фæлварæнтæм æмæ мæнæи „цыппар" нывæрдтой фыццаг фæлварæны тыххæй, йæхицæн та „æртæ" куы базыдта, уæдæй фæс- тæмæ мæм зулмæ кæсын байдыдта. Æмæ фæлварæнты фæстæ институты къулыл куы федтам, фыццаг къурсмæ кæй райстой, уыдоны номхыгъд, æмæ дзы Бæби куынæ разынд, уæд мæм ахæм цæстæнгасæй æрбакасти, ахæм, цыма хъуыддаг мæн аххосæй афтæ рауад. Нæхимæ куы цыди, суанг ма мын уый дæр не схъæр кодта. Ахуыр райдайынмæ ма дзæвгар рæстæг уыди. Сфтнд кодтон нæхимæ ацæуын. „Уæдæ ’нæхъæн дыууæ къуырийы бæрц ам цы архай- дзынæн? — хъуыды кодтон мæхинымæры. — Уыцы рæс- тæг нæхимæ куы фæуоп, уæд хуыздæр уыдзæн, фен- дзыпæн Зæлинæйы дæр, бæстон-бæлвырд баныхас кæн- дзынæн йемæ, чи зоны мын исты бæлвырддæр дзуапп радта..." Мæ хъуыдытæ мын фескъуыдта кæйдæр иыхас, институтмæ кæй айстой, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр дзу- рынц клубмæ, зæгъгæ. Нырма знон чи райста студеиты пом, уыдон бæстон 299
хъуыстой институты партион организацийы’ секретары ныхасмæ.. Райдайæны афтæ ’нхъæлдтон, нырма дзæбæх цы институты нæ зонæм, афтæмæй æнæхъæн фондз азы кæм ахуыр кæндзыстæм, уый тыххæй уыдзæн ны- хас. Фæлæ цавæрдæр колхозы кой кæнын куы райдыд- та ныхасгæнæг, уæд дисы бахаудтæн. Кæрæдзимæ фæр- сæджы каст бакодтой, мæ аль.варс чи бадти, уыдон дæр« — Сымах, æвæццæгæн, фæнды нæ институты исто- рийæ, уый куысты сгуыхтдзинæдты тыххæй исты фе- хъусын, — цыма нын нæ хъуыды бамбæрста, уыйау загъта докладгæнæг. — Раст у уæ хъуыды, æмбæлт- тæ. Ууыл дæр дзурдзыстæм, æрмæст фæстæдæр. Абон уын колхозы кой уымæн кæнын, æмæ нæ институтæн ис дæлшефон колхоз, Ленины номыл кол- хоз. Кустуарзаг сты йæ адæм, фæлæ ныртæккæ тыл- лæг æфснайыны тæмæны нал æххæссынц сæ куыстытыл. Тыллæг афоныл æфснайд куынæ ’рцæуа, уæд ыл стыр зиан æрцæудзæн. Не студенттæй бирæтæ сæрддæр- гъы дæр уыцы колхозæн æххуыс кæнынц... Мах афтæ фæнды, цæмæй сæм сымах дæр фæкæсат, ахуыры райда- йæнмæ ма цы рæстæг баззад, уыцы бонты. Ахъуыды кæнут, æмбæлттæ, тыхæй уæ не ’рвитæм, фæлæ, мæн- мæ гæсгæ, бархийæ уе ’ппæт дæр сразы уыдзыстут... Ныхасгæиæг мæм цæйдæр тыххæй фемдзасти. — Дæ мыггаг кæмæй у, æмбал студент? — афарста мæ ’уый. Куыддæр фæтыхстæн. „Студент". Нырма инс- титуты къæсæрæй куынæма бахызтæн," -ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ загътон мæ мыггаг. 300
— Мæнæ дын гæххæтт. Сбад мæнæ ацы стъолы фарс- мæ, номхыгъд скæн, колхозмæ ацæуын кæй фæнды, уыдонæн, — цалдæр сыфы гæххæтт мæм æрбадардта парторганизацийы секретарь. Сæттын ыл, колхозмæ ацæуынæй мæ нæхимæ тынг- дæр фæндыд, фæлæ мын мæхицæн куы бафæдзæхста номхыгъд аразын, уæд дзы æппæты сæрæй мæхи куыд нæ хъуамæ æрфыстаин? Уыцы ’хсæв мæ хабæрттæ лыс- тæггай ныффыстон Зæлинæмæ. Уый уыди мæ фыццаг писмо. Фысгæ йæм бирæ цыдæртæ фæкодтон, æгæр дæргъвæтин писмо дæр ма рауади, фæлæ дзы уарзын дæ, зæгъгæ, ахæм дзырдæн йæ кой дæр нæ уыд: куыд- дæр мæ цæсгом нæ бахъæцыд сæ ныффыссын. Инсти- тутмæ мæ кæй айстой, уый тыххæй Хъæссæй æмæ гыц- цимæ та тел арвыстон. Æмæ дыккаг райсом та—колхозмæ. ... Уыцы судзгæ хурмæ, тыгъд быдыры, уæхскуæ- зæй кусгæйæ, фæллайгæ куыннæ кодтам, фæлæ афтæ хъæлдзæг уыдыстæм не ’ппæт дæр, æмæ ’рдумæ дæр нæ дардтам нæ фæллад. Сæрдыгон даргъ бон-иу кæ- уылты атахти, уый нæ бафиппайдтам. Дыууæ къуырийы фæстæ, хурсыгъд æмæ хъæлдзæ- гæй, колхозы правленийы раппæлды гæххæтт мæ дзыппы, афтæмæй æрыздæхтæн фæстæмæ ме ’мбæлттимæ. Фæлæ мæ фарсæй фесты, колхозы цы хъæлдзæг бонтæ арвыстам, уыдон. Ахуыр райдайынмæ мæ тæккæ цæттæ кæныныл куы уыдтæп, раст мæм уыцы рæстæджы фæдзырдтой инс- титуты ахуыры хайадмæ. 301
— Цæмæн мæм дзурынц, цæмæн сæ бахъуыдтæп? — мæхи фарстон æмдзæрæндонæй институтмæ цæугæйæ. — Колхозæй кæй æрыздæхтæн, уый тыххæй? Æмæ дзы ипнæ лæппутæ æмæ чызджыты хъауджыдæр цы фес- гуыхтæн? Æниу мæ колхозы правлени цæмæн равзæрс- та иннæты ’хсæн, цæмæн мын радта раппæлды гæххæтт? Парторганизацийы секретары дæр баййæфтон ахуы- ры хайады. Уый мæм цыдæр æнахуыр цæстæнгасæй æрбакасти, раст мæ цыма бафæрсынмæ хъавыд: „Чи дæ, æмæ дæ ам цы хъуыддаг ис, цæмæ ’рбацыдтæ?" Исдуг фæтыхстæн уыцы цæстæнгасæй, стæй мæхи фæфидар кодтон æмæ бафарстон, дзырдтат мæм, зæгъын. Загъ- тон сын мæ ном, мæ мыггаг дæр. Ныр та мæ йæ тыз- мæг цæстæнгасæй сæрæй къæхты бынмæ абарста, фыс- сæн стъолы фæстæ æрмæст йæ уæхсчытæй уæлæмæ чи зынд, уыцы нарддзæсгом лæг (фæстæдæр æй базыд- тон, уый ахуыры хайады сæргълæууæг уыди). Мæ фар- стæн дзуапп ничи радта. Ахуыры хайады сæргълæууæг зивæггæнгæ рахæцыд йе стъолы лагъзыл, систа дзы цавæрдæр гæххæтты сыф. Дзæвгар æм фæкасти, уый фæстæ, афтæ зивæг- гæнгæ, хæрдмæ схæцыд йæ нарст сæрыл, ногæй та мæ абарста йæ тызмæг цастæнгасæй, стæй мæ афарста мæ ном, мæ мыггаг æмæ кæцон дæн, уымæй. — Уæд ахæстоны та цæмæн бадтæ? — цæхгæр мæ афарста цыбыргомау лæг æмæ сыстади йæ бадæнæй. Ахæстопы кой фехъусгæйæ, мæ зæрдæ афтæ фæци, раст мын цыма исчи мæ сæр дзæккорæй ныццавта. Мæ 302
цæстытæ атарытæ сти. Мæ мидбыиаты ’рхауынмæ мал, бирæ нал бахъуыди. Мæ сæрмæ ницыуал хъуыды цы- ди. Æвзаг дзыхы нал арæхсти. Исдуг афтæ гобийæ плæууыны фæстæ, тыхамæлттæп сфæрæзтон: — Цавæр ахæстоны? — Фыдгæнджытæ, давджытæ, стигъджытæ, абырджы- тæ кæм вæййынц, уыцы ахæстоны! — раздæрæй ноджы карздæрæй загъта ахуыры хайады сæргълæууæг æмæ мæсты худт бакодта йæ мидбылты. — Ам мах цæттæ кæнæм фыдгæнджыты нæ, фæлæ индзылерты! — Ахæм уæззау хъуыддаджы мæ цæмæ гæсгæ ах- хосджын кæнут, уымæн æргом зæгъæн ис, цæмæй йæ æз дæр бамбарон? — Мæнæ уый бындурыл, раст адæймæгтæ нæм цы æвирхъау хабæрттæ фехъусын кодтой дæ хъуыддæгты тыххæй, уый бындурыл, — уæдæй нырмæ цы гæххæтмæ касти, уый мæсты тылд ныккæнгæйæ, фæхъæр кодта уый æмæ ноджы тынгдæр асырхи йæ дымст цæсгом. — Бар мын нæй, ам цы фыст ис, ууыл ма баууæндон. Æз чысыл фæуæндондæр дæн. Бамбæрстон, чидæр мыл хахуыр кæй ныффыста, цæмæй мæ институтæй раппарой, уый тыххæй, фæлæ чи ныффыста, цæмæн? Кæй цы бахъыгдардтон? Мæхинымæр ранымадтон, нæ горæты цæрджытæй мæхи карæнтæ, мæхицæй хистæртæй, суанг ма мæ кæс- тæртæй дæр кæй зыдтон, уыдоны нæмттæ. Фæлæ Бæ- би æмæ Будзийæ дарддæр никæй ссардтоп, мæнæн æв- зæрдзинад кæй бафæндыдаид, æвирхъау хахуыр мыл чи ныффыстаид, ахæм. зоз
„Фæлæ уыдонæй дæр ничи ныффыстаид, уымæн æмæ Будзи Домбаимæ магазин кæй фæхастой, стæй та йæ маргæ кæй акодта, уый тыххæй йын аскъуыддзаг код- той æнæхъæн дыууадæс азы æмæ йæ ахастой дард Цæгатмæ. Кæм нс, уый йæ мад æмæ йæ фыд дæр нæ зоньшц, стæй цæмæй базыдтаид, мæн ацы институтмæ айстой, уый? Уымæй дæр, институты ахуыры хайады сæргълæууæджы пыхасæй куыд зыны, афтæмæй ацы мæнг хабæрттæ ’рырвыстæуыд нæхи горæтæй, — хъуы- ды кодтон æз. — Бæбийæ та мæ уымæн нæ уырны, æмæ мæм тынг дзæбæх цæстæй касти, цалыымæ фы:щаг фæл- ьарæны уымæй хуыздæр бæрæггæнæн райстон, уæдмæ... Науæд æй институтмæ нæ айстой, уым цы аххосджын дæи, йæ маст мæнæй цæмæн хъуамæ иса?.." — Ме сæфт уынын, нæ рæсугъд цард нын чи æр- мыдултæ æмæ фыдуынд кæны, уыцы æнаккæгтæй! — загъта та ахуыры хайады сæргълæууæг æмæ та мæ фæсагъта йæ тызмæг цæстæнгас. — Никуы ницы радавтон, æмбал ахуыры хайады сæргълæууæг, — стæй ахæстоны къæсæрæй дæр никуы бакастæн, — иугæр хъуыддаг уый бæрц скарзи, уæд нал фефсæрмы дæн æз дæр. — Хахуыр мыл кæны чидæр. — Фыццаг уый, æмæ мæм „æмбал", зæгъгæ, ма дзур, давджыты, фыдгæнджыты ’мбал никуы уыдтæн,— фæхъæр мыл кодта уып. — Дыккаг тауый, æмæ зæххыл» æвæццæгæн, иунæг давæг, иунæгабырæг дæр нæ разын- дзæн, афтæ чи загъта, мæнæ æз ахæм æмæ ахæм дæн æмæ йæ зонут, уæхи мæ хъахъхъæнут. -—Цыппæрдæсазы мыл куысæххæсти, уæдæй нырмæ 304
заводы куыстон, изæрæй та— ахуыр. Уып тыххæй бæл- нырдгæнæптæ ис мæ документтимæ... Ахуырмæ дæр мæ заводы разамонджытæ рарвыстой,—нал чъил кодтон æз дæр. — Заводы ды пæ куыстай, фæлæ лæ мад æмæ дæ дыккаг фыд. Мæнг документтæ дæр дын уыдоп сарæз- той, ардæм дæр дæ уыдон рарвыстой æмæ махæн та æпæхъуаджы маст æмæ фыдæбон скодтай. — Кæд заводы дирекци, партион, фæскомцæдисон æмæ профцæдисон организацитыл не ’ууæндут, уæд иыффыс- сут нæ горæты милицимæ, прокуратурæмæ, тæрхондонмæ. Уыдонæй бадомут, цахæм бæлвырдгæнæнтæ уæ хъæ- уы, ахæмтæ. Æмæ кæд раст нæ разынон, уæд мæ арды- гæй комкоммæ ахæстонмæ арвитут, — загътон та æз. — Æнæ дæу бацамындæй ныффыстам, кæдæм хъуы- ди, уырдæм. Тагъд, æвæццæгæн, дзуаппытæ дæр рай- сдзыстæм, — уæдæй нырмæ йæ къухы цы гæххæтты сыф ратил-батил кодта, уый стъолыл мæсты тъæпп æр- кодта æмæ йæ цæсгом иннæрдæм фæзылдта, цыма йæ цæстытæ фæрыстысты мæнмæ кæсынæй. Гæххæтт рай- тынги стъолыл. Цы фыст дзы уыди, уый бакæсын мæ бон нæ баци, фæлæ Бæбийы къухфыст кæй уыдп, уый хæрзæнцонæй равзæрстон. — Тагъд райсдзыстæм дзуапп, бæстон рабæрæг уыдзæн, цы маргъы мыггагæй дæ, уый æмæ ма уæд та цы зæгъдзынæ? Тынг бацик кодтон мæхинымæры. Æвæццæгæн, æваст фæрухси мæ тыхст цæсгом. — Æмбал ахуыры хайады сæргълæууæг! — сдзырд- 20* 305
тон та æз, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд йæ масты ныхас, „æмбал", зæгъгæ, мæм ма дзур, фыдгæнджыты æмбал пикуы уыдтæн", фæтарстæп, ныртæккæ та мыл ныхъхъæр кæндзæн, фæлæ æмбисфæндагыл нал ныл- лæууыдтæн. — Курæг уæ дæн, цалынмæ дзуапп райсат, цалынмæ мæ рæстдзинад сбæрæг уа, уæдмæ мæ инсти- тутæй ма рацух кæнут, — ныллæгъзтæ йын кодтон. Уый мæм ахæм цымыдисæй æрбакасти, цыма мæ ны- ры онг нæма федта. Исдуг æнæдзургæйæ абадти, стæй та бахъуыр-хъуыр кодта. — Институтæй дæу ацух кæныны тыххæй бардзырд нæма ратдзыстæм, фæлæ дæ ахуырмæ бауадзон ныртæк- кæ, уый мæ бон нæу æмæ мæм хатгæ дæр ма кæн, — цæхгæр алыг кодта уый. — Уæд та мæ æмдзæрæндонæй ма рарвитут,—фæс- таг хатт ма бахатыдтæн уыцы тызмæг лæгмæ. — Дæу тыххæй бæрндзинад мæхимæ райсон, зæрдæ- хсайгæ адæймаджы тыххæй дзуапп дæттон, уый мæ бон нæу, стæй мæ фæндгæ дæр нæ кæны,—йæ къухтæ та стылдта. — Уыцы бæрндзинад æз мæхимæ исын, Владимир Михаилы фырт. Цалынмæ дæ писмотæн дзуаппытæ ’рцæуа, цалынмæ ацы лæппуйы хъысмæт алыг уа, уæд- мæ дзуапп дæттын уый тыххæй, — бафиппайдта парт- организацийы секретарь. — Йæ ахаст, йæ цæстæнгасыл зыны, бынтон æнæаххос кæй у, чидæр ыл хахуыр кæй кæны; уый. Уадз æмæ уал ахуырмæ дæр цæуа, стæй æмдзæрæндоны дæр цæра... 306
— Разы нæ’ дæн дæ фæндоныл, Иван Сергейы фырт, — загъта Владимир Михаилы фырт. — Уый бар дын ис... Фæлæ дæ фыстæджытæн цы дзуаппытæм æнхъæлмæ кæсыс, уыдон ацы лæппуйы пайдайæн куы рауайой, куы йæ сраст кæной, уæд та? Владимир Михаилы фырт хъуыдытыл фæци, исдуг æнæдзургæйæ касти куы парторгмæ, куы та мæнмæ. Но- гæй та йæ цæст ахаста, ахæм стыр катайы мæ чи бап- пæрста, уыцы гæххæтты сыфыл. Стæй йæ мæсты æп- пæрст бакодта стъолмæ æмæ та сдзырдта: — Нæ мæ уырны, фæлæ афтæ куы рауайа, уæд ни- чиуал ницы дзырдхъом уыдзæн йæ ныхмæ æмæ ахуыр кæн’æд. Æз дæр афтæ куынæ зæгъын, студентты ном- хыгъдæй йæ ахахх кæнæм, фæсурæм æй. — Афтæ нæ зæгъыс, фæлæ хъуыддаг уымæ цæуы: ахуырмæ йæ куынæ бауадзæм, æмдзæрæндонæй йæ куы ратæрæм, уæд цы архайдзæн? Кæм цæрдзæп? Иæ хъысмæт алыг кæныпы бонмæ кæм æнхъæлмæ кæсдзæн? Тыхæй лидзинаг æй нæ кæнæм ардыгæй? Æрыгон лæп- пуйы барæй нæ иппæрд кæнæм раст фæндагæй? — Чысыл уал анхъæлмæ кæс къалидоры, — бамба- рын мын кодта Владимир Миханлы фырт, нæ рахпз къухæй мын дуармæ ацамопгæнæ. Мæ фæстæ ма сæм цы пыхæстæ рауад, куыд лыг кодтой мæ хъысмæт, цæуыл дзырдтон сахаты бæрц, парторг куыд æртасын кодта ипституты ахуыры хайады сæргълæууæджы, йæ фæндоныл æи куыд сразы кодта, уыдæттæн ницы зонын. Фæлæ, æппынфæстаг, къалидор- 307
мæ куы рахызтысты, уæд та мæ Владимир Михаилы фырт иу гæрах æрбакодта йæ рæхойаг цæстæнгасæй. Дзыхълæуд фæкодта мæ тæккæ раз æмæ, бустæгæнæ- гау, сдзырдта: —Хъус-ма, мæ хæлар, цалынмæ дæ хъуыддаг фæ- бæлвырд уа, уæдмæ уал цæудзынæ лекцитæм, цæр- дзынæ æмдзæрæндопы, кæд дæ фæнды, уæд. Фæлæ цы фыссынц, уый раст куы разына, уæд... Йæ хъуыды кæронмæ нæ ахæццæ кодта, фæлæ цы зæгъииаг уыди, уый бамбæрстон. Æрмæст æргом цы æртхъирæн нæ загъта, уый мæ нæ фæтæрсын кодта.
ДЫУУАДÆОÆМ СÆР „ДÆ ХОРЗМÆБÆЛЛÆГ" Нымад бонтæ ма аззад уыцы ахуыры азæй дæр. Сæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодтой нæ институты сæрды фæлварæнты сесситæ. Æрмæст ма иунæг фæлварæн æмæ та фæсте аззайдзæн цыппæрæм къурс дæр. Инс- титуты разамонджытæ сфидар кодтой, студенттæй сæр- ды пракгикæмæ чи кæдæм ацæудзæн, уый бæлвырд пълан. Уæды онг мæ практикæмæ алы сæрд дæр æр- выстой нæхи заводмæ. Ме ’мбæлттæй-иу кæй Уралмæ фæраст кодтой, кæп та Украинæйы искæцы заводмæ. Иуæй-иуты та-иу балæууын кодтой, æгæрыстæмæй, Норильскы, кæиæ Магадаиы. Иу хатт мæн дæр бпфæн- дыд Уралмæ. Мæ хъуыды радзырдтон Владимир Ми- хаилы фыртæн. Уый мæм лæмбынæг байхъуыста. Ницы мæм сдзырдта, афтæмæй йе стъолы лагъзыл сындæггай рахæцыд, систа дзы цавæрдæр гæххæтты сыф, йæ цæст ыл ахаста, цыппар азы размæ, нæ фыццаг фем- бæлдæй куыд бакодта, раст афтæ, æмæ мæм цымыди- сæй ныккасти. — Хъус-ма, мæ хæлар, — йæ къухы цы гæххæтт уыд, 309
уый мæм батылдта, — иу хатт мæм уыцы куыдзы фырт цы фыстæг сæрвыста, уый хахуыр уыди, æмæ Иван Сергейы фырт фидар куыпæ фæлæууыдаид, уæд дæ, æвæццæгæп, институтæй аппæрстаиккам, фæрæдыдаик- кам. Фæлæ ацы фыстæгæй та цы зæгъдзынæ? Сæ къух- тæ йыл бафыстой уæ заводы директор, æмæ... Æваст афтæ фæтыхстæн, æмæ ма директорæй дард- дæр йæ къух чи бафыста ацы ног фыстæгыл, уый дæр нал бамбæрстон. „Цы та кодтон? Уый бæрц æвзæр- дзинад цы сарæзтон, цæмæн мыл бахъаст кодтой нæ заводы директор, стæй фыстæгыл йæ къух чи бафыста, уый? — сагъæс кодтон мæхинымæр. Иу хатт мыл Бæби цæй тыххæй ныффыота уыцы хахуыр фыстæг, уый æн- цон бамбарæн уыд: лыскъзæрцæ лæппу йæхæдæг нæ бахауд, афтæмæй мæ институтмæ кæй айстой, уый йæм æгад æркаст, хæлæг мæм кодта. Стæй ма раджы кæд- дæр кæрæдзимæ цы цæстæй кастыстæм, уый дæр, чи зоны, æрымысыд. Фæлæ афтæ бирæ цы заводы уарзтоп, хъæбулы хъомыл мæ чи скодта, царды раст фæндагыл мæ чи сæвæрдта, уыцы куыстуаты разамонджытæ мæм цæуыл фæхæрам сты, уый бамбарын мæ бон нæ цыд. — Нæй, мæ хæлар. Уралмæ нæ ацæудзынæ. Нæ ацæудзынæ, — цæхгæр алыг кодта институты ахуыры хайады сæргълæууæг. — Уæд цæуылнæ, Владимир Михаилы фырт? Цы та мыл фыссынц? Цæмæй та мæ зылын кæнынц? — ’Уадиссаг ницæмæй. Уæ заводы разамонджытæ нæм фыссынц, цæмæй та дæ практикæйы ацы сæрд 310
дæр уырдæм арвитон,—æппынфæстаг мын раргом кодта, афтæ тынг мæ цы фыстæг фæтæрсын кодта, уый сусæг- дзинад. Аивæй асæрфтон, мæ ныхыл цы уазал хиды ртæхтæ абадти, уыдон. Æнцонæй сулæфыдтæн. Уый мæм ахæм цæстæнгасæй æрбакаст, растмын цыма ба^ай- дзæфмæ хъавыд, ахæм тæппуд æпхъæл дын нæ уыдтæн, зæгъгæ. Дыууæ нал загътон йæ ныхасыл. Уый нæ, фæлæ ма мын æхсызгон дæр уыди, заводы директор мæ кæй æрхъуыды кодта, уый. Бæбийы хахуыр фыстæджы фæ- стæ мемæ тынг схæлари Владимир Михаилы фырт. Мæ иунæг куырдиатыл дæр „пæ" никуыуал загъта, Хатгай мæм-иу хардзау дæр æркасти, иннæ студентты раз мын хъулон митæ кæй кодта, уый. Гъе, æмæ сæрды практикæйæн ацы хатт цы пълан скодтой, уымæ гæсгæ хъуамæ ацыдаин Уралы завод- тæй сæ иумæ. Иуæй мын æхсызгон уыди, иннæмæй та мæ ацы хатт фæндыди æрмæстдæр нæхимæ, нæхи завод- мæ. Уый агъоммæ дыууæ сæрды уым куы уыдтæн, уæд мæ сæрибар рæстæг хардз кодтон Хазбийæн йæ ахуыры баххуыс кæныныл. „Ныр скъола каст куы фæци, инсти- тутмæ йæхи куы цæттæ кæны, уæд та йæ æхсызгон- дæр хъæуы ме ’ххуысы сæр," — ахъуыды кодтон мæхи- нымæр. Нæхимæ ацæуын мæ тыпгдæр та фæндыди Зæ- линæйы тыххæй. Ахæм хъуыдытимæ араст дæн ахуыры хайады сæргълæууæгмæ, ацы хатт дæр та мæ куыр- диат æххæст кæй æрцæудзæн, ууыл æххæстæй мæ зæрдæ даргæйæ. Фæлæ куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй 311
бирæ зындзырддæр разынд ацы хатт Вллдимир Мнхаи- лы фырт. — Хъус-ма, мæ хæлар. Фароп дæлфадихсыд бадæ ардæм цæуынæй, де ’взаг бафæлладп мæнæн лæгъзтæ- йæ, „Уралмæ, Уралмæ" кæпынæп. Иыр дын дæ бæллиц куы сæххæст кодтам, уæд та иннæрдæм пыццавтай, уæхимæ дæ бафæндыди, — уайдзæфты бып мæ акодта ахуыры хайады сæргълæууæг. Хъуамæ ’мбарай пу хъуыддаг: мах дæ цæттæ кæиæм, дæу ардæм чп рар- выста ахуырмæ, уыцы заводæн. Уыдон хъæуы, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм индзылер. Фидæпмæ каст фæуыдзынæ, æмæ уæхи заводмæ хъуамае ацæуап кусып- мæ. Гъе, æмæ уыцы иунæг заводæй дарддæр иупæг ахæм куыстуат дæр куынæ фенай, æндæр рæтты куыд кусынц, уымæ куыиæ бакæсай дæхп цæстæй, фæл- тæрддзинад куынæ райсай, уæд цы хуызæн ипдзылер уыдзынæ?.. Æмæ мын цыпæ фæдзырдта, цы ’гъдауæп мын нæ уырнын кодта, хорзыл мæ кæй ардауы, пайдапы хъуыд- даг мын кæй амоны. Æз ын дыккаг хатт ракодтон Хаз- бийы кой. Мæ зæрды ма радзурын уыди, Зæлипæ мæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй дæр, фæлæ феф- сæрмы дæн. — Де ’мбалыл кæй мæт кæныс, йæ хъысмæтыл кæй тыхсыс, уый раппæлинаг хъуыддаг у. Дæ хæлар ардæм æрцæуинаг кæй у ахуырмæ, уый дæр мæ зæрдæмæ цæ- уы, йæ документтæ дæр ын райстам, фæлварæнты агъом- мæ йæм фæкæсын хъæуы, ууыл дæр разы дæн. Фæ- 312
лæ дын уæддæр Уралмæ цæугæ у. Днректор цы пълан сфндар кодта, уый анвыны бар мып нæЯ... — О, фæлæ... — Уыцы „фæлæйы" тыххæп та афтæ бадзурæм: иыф- фысс дæ хæлармæ, цæмæй æрцæуа рагацау, байхъуса фæлварæнты агъоммæйы консультацитæм. Дæу тыххæй æппæт дæр сараздзынæн, цæмæй де ’мбал дæр инсти- тутмæ бахауа, — зæрдæ мыи бавæрдта Владимир Михаи- лы фырт, йæ къух ме уæхскыл авæргæйæ.—Разы дæ? Бæргæ мæ пæ фæндыд, фæлæ иыццæхгæр уыдаип, пæ зæрдæйы хъыджы бацыдаин, мæхимæ йæ фæхæрам кодтаин, уый мæм аив нæ фæкасти æмæ разыпы тылд бакодтоп мæ сæр. — Студентты тæккæ хуыздæртæп ма демæ цæуы æртæ лæппуйы. Уыдонимæ ’нкъард нæ кæидзыпæ. Стæй нæ раздæры студеиттæй иукъорд уыцы заводы кусыпц индзылертæп. Сæ сæйраг индзылер дæр ам фæци каст. Сæрæп лæппу у, йæ дæсныйад тыпг хорз чи зоны, би- рæ йæ чи уарзы, ахæм. Не студепттæй йæм чи бахауы практикæйы, уыдоныл тынг ауды, тыиг сын æххуыс кæ- ны. Фыстæг æм арвитдзынæн, бафæдзæхсдзынæн æп, цæмæп дæм йæ цæст хуыздæр фæдара, фæкæса дæм. * * Уайтагъд фæхæлар стæм, Владимир Михаилы фырт мын афтæ тынг кæмæй æппæлыд, заводы уыцы сæй- раг индзылеримæ. Уый разынд, хæларзæрдæ, мидбыл- 313
худт йæ бурдзалыг цæсгомæй кæмæн никуы цух код- та, ахæм нарджытæарæзт лæппу-лæг. Уыдаид мæ ка- рæн, кæннод та поджы æрыгондæр. Дис мыл бафтыд, ахæм æрыгонæй куыд тагъд сгæпп кодта сæйраг ип- дзылеры бынатмæ? Фыццаг мæ уырнгæ дæр нæ кодта, йæ раздæры ахуыргæнæг Владимир Михаилы фырт дзы куыд æппæлыд, æцæг афтæ бирæ зоиы, ахæм дæсны кусæг у, уый. Фæлæ йæ хъуыддаджы мидæг куы фед- тон, цалдæр хатты йæм куы байхъуыстон, уæд ма йæм хæлæг дæр бакодтон. Заводы тынг бирæ уыд, æрмæст чингуыты фæрцы кæй зыдтон, фæлæ цæстæй кæй иикуыма федтон, ахæм ног вазыгджын машинæтæ. Уæлдай тынгдæр та мæ зæр- дæмæ фæцыди Владимир Михаилы фырты проектмæ гæсгæ, стæй уый разамындæй арæзт чи ’рцыд, уыцы токарон станок. Уый уыди æнцонархайд, коммæгæс. Æнтысгæ та йын кодта иннæ станоктæй бирæ фылдæр, æмæ йыл цы деталтæ арæзтой, уыдонмæ та фау æр- хæссæн нæ уыд. — Ныр нæхи завод аразын байдыдта ахæм станрктæ, æмæ цалдæр мæйы фæстæ зæрæдтæ иууылдæр ивд æрцæудзысты нæуджытæй, — иуахæмы мын раппæлыд сæйраг индзылер уæлдай биноныгдæр уыцы ног стаиочы миниуджыты тыххæй. Радзырдта, фенын мын кодта, йемæ куыд архайын хъæуы, куыд зилын æм хъæуы, уыдон. — Æз афтæ фехъуыстон, Иван Антоны фырт, дæ- хæд&г, дæр, дам, цыдæр ног машинæ рымысыдтæ. Фенын ма мын æй кæн, — бахатыдтæн æм иу хатт. 314
Уый мæм уайдзæфгæнæджы цæстæнгасæй æрбакас- ти. Исдуг алæууыди æнæдзургæйæ, хъуыды кодта цæ- уылдæр, стæй мæм феххæлыд: — Цал хатты дын дзырдтон „Иван Антоны фырт" мæ мауал хон. Нæ уарзын, мæ ном æмæ мæм мæ фыды номæй куы дзурынц, уый. Нырма мыл æртын азы йед- тæмæ нæ цæуы, уый бæрц зæронд нæма дæн, цæй ном æмæ фыды номæй дзурын мæм хъæуы? Мæ хæ- лæрттæ мæ хонынц Ваня, æмæ ды дæр афтæ кæн ны- рæй фæстæмæ, уымæн æмæ цы бон базонгæ стæм, уæд фæцыдтæ мæ зæрдæмæ. Стæй мæм бирæ цыдæртæ пыффыста дæу тыххæй нæ иумиаг ахуыргæнæг Владимир Махаилы фырт. Уый дæ бирæ уарзы, бауарзтон дæ æз дæр, мæ хуыздæр хæлæртты номхыгъдмæ дæ бахастон, æмæ дæу Инал куыд хонын, йе, афтæ мæ ды та Ваня хон. — Хорз, Ваня, нырæй фæстæмæ дæ афтæ хонын. Фæлæ мæ фарстæн дзуапп нæ радтай. — О, æмæ дын цы фенын кæнон, Инал, нырма гæх- хæттыл цы фæхъулæттæ кодтон, уыдон æмæ хорз бæл- лицтæй дарддæр аразгæ куы ницы скодтон? Чидæр дын æдылы æппæлдтытæ фæкодта, — дзуапп мын радта Ваня. Фæлæ йæм æгæр куы ныууырдыг дæн, куы йæм æрхатыд- тæн, уæд мын дзурын райдыдта, цы ног машипæ арæз- та, уый фæдыл. Дзырдта мын йæ сомбоны машинæйы алы хайы тыххæй дæр, лæмбынæг мын бамбарын кодта æппæт дæр, æмæ мæм афтæ касти, цыма мæ разы лæу- уы уыцы ног машинæ цæттæйæ, æрмæст æм февнал, æмæ кусын райдайдзæни. 315
Æмдзæрæндоны мын ме ’ртты фæсагътой фыстæг. Зæ- линæпæ кæп нæ уыд, уыи æнцоиæй базыдтон, конвер- тыл цы фыст уыдп, уымæ ’ркæсгæнæ. Йæ рæсугъд хъæрпывтæ йын базондзынæп мин алыгъуызон къухфыс- ты ’хсæн дæр. Гыцци, Хъæссæй æмæ Зариффæйæ дæр никæй къухфысты хуызæп уыди. „Уæдæ мæм чи хъуа- мæ фысса? Хазби? Æмæ дзы дыууæ бопы размæ куы райстон фыстæг, уæд ма дзы цы ферохи? Стæй йæ къух- фыст бынтон æндæргъуызон у". Æппынфæстаг, райхæлдтон конверт. Фыццаг уал æр- кастæн фыстæджы кæронмæ, чи йæ фыссы, уый базо- ныны сæраппонд. Номы бæсты дзы фыст уыди „Дæ хорзмæбæллæг". Фæджнх дæи. Мæ зæрдæ базыдта, фыстæджы æхсызгон хабар кæй нæй, уый. „... Хатыр дæ курын, Ипал, ахæм фыстæг дæм кæй æрвнтын, уый тыххæй, — кæсын райдыдтои æнæном фыс- тæджы.—Бнрæ фæхъуыды, фæсагъæс кодтон, пыффыс" сон дæм, æви нæ, ууыл. Зонып æй, тынг зын дын уы- дзæн, дæ зæрдæ фæрисдзæн, чи зоны, дæ куыст дæр фæкъуылымпы уа, фæлæ дæ лæгдзинадыл мæ зæрдæ дарын. Карды бын „уæууытæ" чи кæны, уыдонæй пæ- дæ. Гъе, æмæ дæм фыссын, æрмæст рагацау фæдзæхсын: ацы фыстæг дæм æрвитын, цæмæй дæ ном ма фæ- чъизи уа, уый тыххæй дын хаелары æххуыс бакæныны сæраппонд. Æмæ дæм миййаг дæ зæрдæ афтæ куы сдзура, цыма дæм чидæр мæнг хабæрттæ фыссы, ха- хуыр кæны, уæд-иу фыстæг арты баппар. Фæлæ дæ фæстæдæр бауырндзæн, раст дæм кæй фыссын, дæ 316
хорздзинад мæ кæй фæнды, уый. Бирæ дæ уарзып, Инал, æгæрон бирæ, мæ хæлар дæ, æмæ мын уый тых- хæй уæлдай зындæр у ацы æнаккаг митæм кæсын... Дæхицæн цардæмбалæн равзарьш кæй сфæнд кодтай, дæ удæй фыллæр кæй уарзтай, уый дып ам дæ сæр цъыфты ралас-балас кæны, хæдмæл хуыйы сæр куыдз куыд фæласы, афтæ, счъизи кодта сылгоймаджы уæз- дан ном, фесæфта йæ памыс, кæд æм уæвгæй - искуы уыди, уæд. Цъыфкъахæй балæгæрстадæ сыгъдæг уарз- тыл... Хæлд сылгоймаг кæй у, уый, æвæдза, рагæй зыдтон, фæлæ мæм дис кæсы, ды йæ куыннæ фиппайд- тай! Адæймаг йæ цæсгомыл йæ къух афтæ сиса, цъы- марайы афтæ арф аныгъуыла, уый мæ нæ бауырныдтаид суанг Зæлинæйæ дæр, мæхи цæстæй куынæ уынин хъуыд- даг, уæд... Уæлдай тынгдæр та мæсты кæнын, Зæлинæ кæимæ рабыр-бабыр кæны, уыцы æнаккагмæ. Ау, ды йæм æфсымæры цæстæй куы кæсыс, дæ хуыздæр хæларыл æй куы нымайыс, утæпнæг хорздзинæдтæ йын куы фæ- арæзтай, адæмы рæнхъмæ йæ ды куы ракодтай, уæд æм иу чысыл æгъдау æмæ намыс куыннæ разынди? Иу чъи- зн ибкæйыл дæ куыд ныууæй кодта?! Уыцы æдзæсгом æмæ мæнгард чи у, уый дæм барæй нæ фыссын. Дæ- хæдæг æппæт дæр базондзынæ фæстæдæр, æипæт дæр фендзынæ дæхи цæстæй. Ахæм иицæйæгты тыххæй дæ ахсджиаг хъуыддаг ныууадзай æмæ рацæуай, уый ак- каг не сты сæ дыууæ дæр, стæй тынг смæсты уай, уый дæр мæ иæ фæнды: ахæм хæлд сылгоймагæй цас тагъддæр фервæзай, уый бæрц хуыздæр у дæхицæн. 317
Дæ бынаты куы уаин, уæд æм ахъаззаг фыстæг ныф- фыссин, цъыфимæ йæ сызмæнтин, стæй йын зæгъин: • „Иумæйагæй нын ницыуал ис абонæй фæстæмæ, мæнæй сæрибар дæ, кæд дæ Зекарты зæронд Бардзинимæ хйе- тын фæнды, уæддæр дын бар дæттын". Æмæ йæм уый фæстæ зулмæ дæр мауал фæкæс. Чи зоны дæм фыс- тæджытæ æрвита, йæхи сраст кæныны тыххæй дын ард хæрдзæн, сомытыл нæ ауæрддзæн, фæлæ дæ ма бауыр- пæд йæ иунæг дзырд дæр... Æнæгъдау сылгоймагæн цынæ ’нтысы, æмæ ма дæм, чи зоны, уырдæм дæр ба- хæццæ уа, дæ разы йæ цæссыгтæ ’нæвгъауæй кала. Тæргæ йæ кæн... Ард дын хæрын, æгаддзинадæй фер- вæздзынæ, æндæр дзы иунæг æрдуйы бæрц дæр ницы х фæзиан кæндзынæ. Æниу дын, æвæдза, цы зондамонæн ныхас кæнын, дæхæдæг æппæт дæр зоныс, æппæт дæр æмбарыс, æмæ ахæм рæстæджы цы бакæнын æмбæлы, ахæм налатæн цы гдзуапп раттыи хъæуы, уый дæр ба- зондзынæ. Æз та мæ хæсыл нымадтон ацы хъыгаг ха- бар дæуæн фехъусын кæнын, мæ хæс сæххæст кодтон æмæ ныр мæхи раст кæнын дæ разы дæр æмæ мæ на- мысы раз дæр..." , Мæ „хорзмæбæллæджы" фыстæг кæронмæ каст нæ- ма фæдæн, афтæмæй атарытæ сты мæ цæстытæ, хæ-. дзары цыппар къулы зилахар систой мæ алыварс, гæх- хæтты сыф мæ къухæй куыд феуæгъди æмæ пъолмæ йæхи куыд æруагъта, уый дæр пал бафиппайдтон. Сæ тыхджын дзæмбытæй та мæ ацахстой аяыгъуызон хæц- цæ-мæццæ хъуыдытæ æмæ сагъæстæ. 318
Фыццаг уал архайдтон, фыстæг чи фыссы, уый ра- фæлгъауыныл, цал æмæ цал хатты йын фæракæс-бакæс кодтон йæ алы рæнхъмæ, алы хъæрнывмæ, мæхинымæр сæ æмных кодтон ме ’мбæлттæй, мæ хæлæрттæй алкæ- йы къухфыстимæ, фæлæ мæм уыдонæй никæй къух- фысты хуызæн фæкастысты. Иу хатт мыл Бæби хахуыр фыстæг куы ныффыста ипституты разамонджытæм, давæг, абырæг мæ куы ра- хуыдта, уæд æй уайтагъд базыдтон йæ къухфыстæй. Фæлæ ацы хатт мæ къухы ницы бафтыд, афтæмæй ных- хуыссыдтæн мæстæлгъæд æмæ зæрдæдзæфæй, кæд, зæгъын, фынæйы сахат уæддæр фæиппæрд уаин ме ’гæрон мастæй. Мæ цæстытæ бацъынд кодтон, фæлæ хуыссæг ме ’мгæрæтты нæ ауади. Сæ уæлныхты мæ айстой æнæнцой хъуыдытæ. Мæ хъустыл уадысты уыцы фыстæджы æвирхъау дзырдтае „...Дæ удæй ’фылдæр кæй уарзтай, уый дын ам дæ сæр цъыфты ралас-балас кæны. Счъизи кодта сылгоймаджы уæздан ном... цъыфкъахæй балæгæрста дæ сыгъдæг уарзтыл..." Хъусты зæллаиг кодтой æмæ мын мингай судзинтæй рæхуыстой мæ зæрдæ. Дыууæ боны раздæр райстон Зæлинæйæ диссаджы уарзæгой фыстæг. Цас циндзинад мын æрхаста уыцы фыстæг! Афтæ мæм касти, цыма Зæлинæ лæууы мæ разы, хъусын ын йæ фæлмæн, æхцон хъæлæс, дзуры мын йæ зæрдæбын хъуыдытæ. Цас ног хабæрттæ мæм фæ- фыста, цас æхсызгон хъуыддæгтæ мын радзырдта нæ горæты, нæ иумиаг æмбæлтты, зонгæты æмæ хæлæрт- 319
ты цардæй. Ныффыста мæм, Хъæссæй, гыцци æмæ За- риффæйы тыххæй, дзæбæх, æнæниз сты, зæгъгæ. Æниу мæм уыдон сæхæдæг дæр ныффыстой сæ хабæрт- тæ, зыдтон æй, куыд цæрынц, уый, фæлæ зæрдæйæн æхсызгон уыд, сæ кой мын кæй ракодта, уый. Радзырд- та мын Æхсар æмæ Фæрдыджы чындзæхсæвы хабар. Институт фæуынмæ кæй нал фæлæууыдысты, уый йæм раст нæ фæкасти. Иннæмæй та сæ раст кæны, Бæби, дам, æвзæгтæ хаста се ’хсæн, архайдта кæрæдзийыл сæ сардауыныл, сæ хъуыддаг сын фехалын æмæ чыз- джы йæхирдæм аздахыныл. Æмæ йын уымæй куы ницы рауади, уæд æй аскъæфыны фæнд скодта, „фæлæ йын Æхсар йæ мукъутæ снадта æмæ ууыл ахицæн хъуыд- даг\ Фыссы мæм, Хазби йæхи куыд æнувыдæй цæттæ кæны ипститутмæ, æрвыл изæр, дам, ын æххуыс кæны Хъæссæй (куыд цæстуарзон, куыд хæларзæрдæ у ацы Хъæссæй. Иугæр ын æххуыс кæны фæлварæнтæм, уæд æм мæ зæр- дæ дзæгъæлы ’хсайы). Суанг ма мæм заводы цард æмæ куысты хабæрттæ афыссын дæр нæ ферох кодта. Æп- пынфæстаг ма мæ ’фхæргæ дæр акодта. Сæрды бонты, дам, ардæм кæй не ’рцыдтæ, фæлæ ахсджиаг хъуыдда- джы фæдыл ацæуыныл кæй сразы дæ, уый тыххæй, дам, мæ дæ алы фыстæджы хатыртæ цæмæн курыс, цы, дам, фæрæдыдтæ мæ разы. Ды, дам, ныртæккæ æппæ- тæй раздæр хъуамæ хъуыды кæнай дæ ахуыры хъуыд- дагыл, цæмæй фылдæр базоиай, ахуырмæ дæ чи арвыс- та, æххæст цæттæ индзылерæй æрцæуынмæ дæм чи 320
’нхъæлмæ кæсы, уыдоны фыдæнхъæл ма фæкæнай, фæлæ сæрбæрзондæй æрбалæууай сæ разы...—Суанг ма йæ къам дæр бавæрдта фыстæджы, кæд, дам, мæ уынд- мæ уый бæрц бæллыс, уæд-иу æркæс ацы къаммæ æмæ дарддæр кæн дæ хъуыддаг. Иунæг дызæрдыгаг хъуыды, иупæг цъардзырд пс ссардтон йæ дæргъвæтин фыстæджы. Уæдæ цы хабар у, ахæм æвирхъау хабæрттæ мæм цæмæн фæфыста „мæ хорзмæбæллæг?" — фарстон мæхи. Æмæ та мæ хъусты анæрыдысты йæ ныхæстæ: „...Йæхи сраст кæныны тых- хæй дын ард хæрдзæи, сомытыл нæ ауæрддзæн, фæлæ дæ ма бауырнæд йæ иунæг дзырд дæр..." — Нæй, нæ мæ уырпы. Æз цы Зæлинæйы зонын са- бпйы бонтæй фæстæмæ, уый æгаддзииад не ’руадздзæп пæхимæ, рæдыд къахдзæф нæ акæидзæи йæ царды фæндагыл. „Дзæгъæлы ма дызæрдыг кæн, сæууон æр- тæхау, сыгъдæг адæймагыл, æпæхъуаджы ма тыхсыи кæп дæхи!" — дзырдта мæм мæ зæрдæ, иыфсытæ мын æвæрдта, сабыр мæ кодта. „...Хæлд сылгоймаг кæй у, уый, æвæдза, æз рагæп зыдтон. Дпс мæм кæсы, ды йæ куынпæ фиппайдтай!" — мæ хъусы та ’рбахъæр кодта „Хорзмæбæллæг". — Раст пæу, уый мæ уырны, — сдзырдта та мæм мæ зæрдæ. — Зæгъæм, Зæлииæ йæ намысыл æцæг йæ къух систа, уæд „...кæимæ рабыр-бабыр кæны, кæимæ хæты, ды æфсымæры цæстæй кæмæ кастæ, дæ хуыздæр хæ- ларыл кæй нымадтай". Уын та чи у? О, ууыл куынæма ахъуыды кодтон æцæг! Чп у мæ 21* 321
хуыздæр хæларыл нымад, бирæ хорздзинæдты кæмæн бацыдтæн, адæмы рæгъы кæй ракодтон, афтæмæй мыл гадзрахатæй чи разылди, уый? Чи? Хазби?! Нæй. Уый мæнг хабар у. Мæ мад æмæ мæ фыды фæстæ а-дуне- йы æппæтæй фылдæр цы дыууæ адæймаджы бауарзтон, мæхиуыл куыд æууæндын, афтæ кæуыл æууæндын, уы- дон сæ дыууæ дæр æнаккаг, мæнгард разыной, уый мæ никуы бауырндзæн, уыцы æвирхъау хабарыл мæ ничи баууæыдын кæндзæн. Никуы æмæ ничи! Хъусыс, „Хорзмæбæллæг!" Нæ дæр мæ ды баууæндын кæндзы- нæ, æрцæуæн кæмæн нæй, уыцы хъуыддагыл! ...—Цы хабар у, Инал? Æви рынчын фæдæ?—цы- мыдисæй мæ афарста Ваня, уыцы фыдæхсæвы фæстæ райсом заводмæ куы ’рцыдтæн, уæд.— Зæгъ, кæд рын- чын дæ, уæд æмæ дохтырмæ фæдзурон. — Нæ дæн рынчын, — цыбыр дзуапп радтон Ваняйæн æмæ мæ цæмæй дарддæр мауал рафæрс-бафæрс кæна, уый тыххæй йын йæ разы авæрдтон, æваст мын мæ хъæлдзæг цардæй зындон цы фыстæт ацарæзта, уый. Ваня йæ цæст ахаста фыстæгыл, стæй йæ ме ’рдæм æр- бассыдта æмæ мæм фæрсæджы каст æрбакодта: — Цы фыст ис ацы гæххæтты? Æз сымахæрдыгонау кæсын нæма сахуыр дæн. Æрмæстдæр уæд бамбæрстои, иронау фыст фыс- тæг æм дзæгъæлы кæй радтон, уый, фефсæрмы дæн æцæ дзы хатыр ракуырдтон. — Уый иицы кæны, фæлæ дзы уадиссаг тæссагæй цы фыссынц? Радзур-ма мын æй,—бахатыди мæм Ваня. 322
Бæргæ мæ нал фæндыд фыстæг ногæй бакæсын, фæлæ йæ уæддæр райстон, кæсын æй иу тæппæй иннæмæ æмæ цы бакæсын, уый дзырдæй-дзырдмæ ратæлмац кæнын Ваняйæн. Уый мæм лæмбынæг хъусы. Фыстæг каст æмæ тæлмац куы фæдæн, уæд та йын дзурын рай- дыдтон мæ дысон-бонмæйы хъизæмæртты тыххæй. Ваня бадти æнæдзургæйæ. Ахæм цæстæнгасæй мæм касти, цыма мын йæхинымаеры уайдзæф кодта: „Кæрон- мæ мын нæ радзырдтай хъуыддаг, æфсымæр, цыдæр мæ басусæг кодтайи. — Æз дæуæй æнæхъæн авд азы хистæр дæи. Кæд нырма æцæг уарзтæй никæй уарзтон, уарзондзина- дæн йæ цин дæр нæма зонын æмæ йæ хъыг дæр, уæддæр, а-зæххыл дæуæй фылдæр федтоп, фылдæр фехъуыстон,—алы хатт куыд фæдзуры, афтæ фæлмæн, сабыр хъæлæсæй дзырдта уый.— Нæзонын, цæмæн афтæ фæтыхстæ æмæ фæтарстæ кæйдæр хахуыр фыстæгæй. Фæлæ æз афтæ бамбæрстон, фыстæджы иунæг хъуыды- уат, иунæг дзырд дæр нæ бафиппайдтон, бауырнинаг чи у, баууæндæн кæуыл ис, ахæмæй. Сæрæй кæропмæ у фæлтæрд хакуыргæпæджы æрымысгæ. Фæлæ æххæст бæлвырдæй нæ хатын иу хъуыддаг: йæ æнаккаг хахуы- ры цæхæр цæмæн иыккалдта дæу æмæ афтæ бирæ кæй уарзыс, уыцы æнæаххос чызгыл? Стæй ма ноджы иу фарст. Ацы æбуалгъ, цыфкалæн хъуыддаджы цæмæн батъыста, æфсымæрау кæй уарзыс, дæ хуыздæр хæлар, хуыздæр æмгарыл кæй нымайыс, уыцы æнæаххос лæп- пуйы? Нæ зонын, цæмæн баууæндыдтæ хахумргæ гæгыл , 323
цæмæн фæдызæрдыг дæ, Хазби кæй хоныс, ууыл. Фæ- лæ зонын уый, æмæ уыцы Хазби дæр мæн æмæ дæ- уæй фылдæр аххосджын нæу. Гъе, æмæ ацы хъуыд- даг барæй афтæ чи ныссуйтæ кодта, уый тыххæй мæм ис цалдæр хъуыдыйы, фæлæ дзы растдæр кæцы уы- дзæн, уый нæма зоныи æмæ йыл ахъуыды кæнæм иумæ. Афтæ мæм кæсы, цыма дæм фыстæджы автор тынг мæсты у, науæд та Зæлинæмæ, æмæ сфæнд кодта сы- мах уæ кæрæдзийы ныхмæ фæкæнын, йæ маст райсы- нæн хуыздæр, тыхджындæр фæрæз не ссардта... Исдуг æнæдзургæйæ абадыны фæстæ Ваня дарддæр анывæзта йæ хъуыды: — Кæниод та мæнæ афтæ.* фыстæг чи фыссы, уый у, дæумæ кæй зæрдæ тасы, сусæгæй дæ чи уарзы, ахæм чызг. Сфæнд кодта дæу Зæлинæйæ фæхицæн кæпын, цæмæй дæ уый фæстæ йæхæдæг смой кæна. Науæд та у, чызг нæ, фæлæ лæппу. Сусæгæй уарзы Зæлинæ- йы, хъуамæ йæ дæуæн цæстысындз фестын кæна, цæ- мæй йæ ныууадзай æмæ йæ стæй йæхæдæг ракура. — Æмæ ма дзы уæд Хазбийы та цæмæн хæццæ кæ- нынц, Хазбийы? — мæхи нал баурæдтон æз., — Хазбийы? Уый та дзы уымæн фæхæццæ кодтой, мæнмæ гæсгæ, цæмæй дæ уыцы хахуыргæнæг йемæ сызнаг кæна, загъдыл уæ бафтауа æмæ стæй æнцад-æнцойæ араза йæхи хъуыддæгтæ. Уый æнæмæпг афтæ у, ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Цоджыдæр ма дын зæгъын, бæлвырд нæ зопын, ацы æртæ хъуыдыйæ растдæр кæцы у, фæлæ дзы сæ иу æнæмæнг раст кæй у, уый гуырысхойаг нæу. 324
Мæ утæппæт зондамонæн ныхæсты фæстæ ма мæ уый зæгъын фæнды дæуæн, цæмæй фыстæджы тыххæй иунæг дзырд дæр ма ныффыссай Зæлпнæмæ кæнæ Хазбимæ, уадз æмæ уал фыстæг рæстæгмæ баззайа йæ ныффыс- сæджы, стæй нæ дыууæйы æхсæн. Зæлинæ æмæ Хаз* бимæ фысс, нырмæ сæм куыд фыстай, афтæ. Уый дын æз зæгъын, хистæр æфсымæр йæ кæстæрæн куыд фæ- дзуры, афтæ æмæ йыл ахъуыды кæн. Ныр та кусгæ... Цавæрдæр æнæуынгæ тых мын æваст дард кæдæм- дæр фехста, уæды онг ме уæхсчытыл цы стыр масты уаргъ уæз кодта, ныцъцъист кæнынмæ мæм чи хъавыд, уый æмæ рог сулæфыдтæн. Ныр та мæ сæры бафтыд иу хъуыды, иу фарст: чи у, мæ „хорзмæбæллæг" йæхи чи хоны, уый, æмæ мæм цæмæн ныффыста ахæм фыстæг? — Дæ „хорзмæбæллæг" у Бæби: — мæ фарстæп дзуапп радта мæ зæрдæ. — Иу хатт дыл институтмæ чи ныффыста, уырдыгæй дæ чи сурын кодта, уый. „Æмæ йын уæд ацы хатт йæ къухфыст цæуылнæ базыдтон?" — бафарстон та мæхи. „Уымæн æмæ йæ къухфыст фæивта, науæд та фыс- тæг æндæр кæмæндæр рафыссын кодта, афтæмæй дæм æй рарвыста, цæмæй, кæй фыст у, уый ма базо- най",—дзуапп та райстон мæ зæрдæйæ. Æмæ уæд ме- ппæт дызæрдыгдзинæдтæ дæр атадысты. Мæ зæрдæ дзуапп дæттын нæ бафæрæзта æрмæст иунæг фарстæн: „Цæмæн мæм ныффыста Бæби ахæм фыстæг, мæнæн маст скæнынæн, æвийæм æндæр исты мæнгард фæнд ис?" 325
ÆРТЫИДÆСÆМ СÆР ЗАРИФФÆЙЫ ФЫСТÆГ Раздæрæй арæхдæр фыссын байдыдтон Зæлинæмæ. Мæ алы фыстæгæн дæр уырзæй æвзарæгау кодтон дзырд- ты фæлмæндæртæ, уæздандæр æмæ аивдæртæ, чызджы зæрдæ тыигдæр чи бацагайа, тынгдæр æм чи бахъара, чи йæ бабуц, бахъæлдзæгдæр кæна, ахæм уæзгæ æмæ цыргъ хъуыдытæ. Æрмæст ын иупæг хатт дæр никуы скодтон мæ „хорзмæбæллæджы" фыстæджы кой. Мæ алы фыстæджы фæстæ-иу зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсын райдыдтон йæ фыстæгмæ. Фæлæ-иу дзы дзуапп нæма уыди, афтæмæй та-иу сбадтæн ног фыстæг фыссыныл. Дыууæ къуырийы дæргъы цы æхсæз, æви авд фыс- тæджы арвыстон Зæлинæмæ, уыдонæй сæ иуæн дæр дзуапп нæ райстон. Æппынфæстаг, тел арвыстон Зæли- нæйы мады номыл. Куырдтон, лæгъзтæ кодтон, цæмæй мын фехъусын кæна, цы фæци, цы йыл æрцыд, уый, фæлæ та уый дæр ныхъхъуси, уымæй дæр та нæ райстон дзуапп. Бынтон стыхстæн, цы ма акæнон, уый иал зыд- тон. Хъеллау та райдыдтон æрхæндæг, зæрдæрыстæй. 326
Фæлæ ацы хатт ницыуал загътон мæ ног хæлар Ваня- |1æн: нæ мæ фæндыди йæ бахъыгдарын, стæн та мын, уый агъоммæйау, æнæпайда, зондамонæн ныхасыл куы схæца, уымæй дæр тарстæн. Æппынфæстаг, ныффыстон Зариффæмæ. Балæгъзтæ йын кодтон, цæмæй мæ сайгæ мауал кæна, фæлæ бацæ- уа Зæлинæмæ, базона, куыд у, цы у, æмæ мæм æппæт дæр ныффысса раст æмæ бæлвырд-бæрæгæй. Бирæ ’нхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыди Зариффæ- йы дзуапмæ. Уый агъоммæ, æвæдза, Хазбийæ райстон фыстæг. Уый мæм фыста нæхи горæтæй нæ, фæлæ инс- титутæй. Тынг мын раппæлыди Владимир Михаилы фыр- тæй. Дзырдта, хорз æй кæй райста, йæ хъус æм кæй дары, уый тыххæй. Уый номæй ма мæм салам дæр ныф- фыста. Раппæлыд мын Хъæссæйæ, хорз мæ бацæттæ кодта, зæгъгæ. Уый мын арæхстгай бамбарын кодта, зæгъгæ, Зæли- нæ рынчын у, фæлæ, дам, тагъд сдзæбæх уыдзæн, тагъд рацæудзæн рынчындонæй. Бафæдзæхста мæ, цæмæй ма мæт кæнон йæ рынчыныл, уымæн æмæ, дам, дзы ахæ- мæй ницы ис, кæмдæр фæкалди, йæ рахиз цонг фелвæс- ти, чысыл, дам, барæсыд, фæлæ, йæм, зæгъгæ, дохтыр- тæ рæвдз фæлæууыдысты. Æз ардæм куы цыдтæн, уæд ма йæ абæрæг кодтон, æмæ мын йæхæдæг дзырдта, бын- тондæр, дам, мæ ницыуал риссы, æмæ, дам, мын куыд- дæр дохтыртæ бар радтой, афтæ, дам, афардæг уыдзы- нæн хæдзармæ æмæ дзуаппытæ ныффысдзынæн, Иналы фыстæджытæй ныры онг æнæдзуаппæй чи баззад, уыдо- 327
нæн. Æз æмæ дæм Зариффæ хъуамæ ныффыстаиккйм йæ рынчыны хабар, фæлæ нып не сразы ис, зæгъгæ, тыхс- дзæн, йæ зæрдæ ’хсайдзæп æпæхъуаджы. Бакъуыльщ- пы иæ кодтой Хъæссæй æмæ Сæниат дæр. „Гъе, æмæ ныр дæхи ’рцæттæ кæн Зæлинæйы дæргъ- вæтин фыстæджытæ кæсынмæ", — фыста мæм Хазби. „Фыста ма мæм, Бæбийы кæй æрцахстой æмæ йын йæ хъуыддаг тагъд кæй æвзардзысты, уый тыххæй дæр. Фæлæ йæ цæмæн æрцахстой, цы фæрæдыди, уый бæ- рæг иæ фыста. Бæлвырд нал хъуыды кæнын, Бæбийы æрцахсты ха- бар мын хъыг уыд, æви æхсызгон. Мæнмæ гæсгæ, цыма нæ дæр сæ иу, нæ дæр ипнæ, цыма мын пикæцырды- гæй бацагайдта мæ зæрдæ. Æппæт дæр бæлвырд базыдтон, Зариффæйы фыстæг куы бакастæн, уæд. Фыстæг райдыдта бынтон хуымæ- тæг, æппындæр мæ цы хъуыддæгтæ не ’ндæвтой, кæй фехъусын мæ иицæмæн хъуыди, ахæмтæй, стæй та схæ- цыди, куыд цæрын, мæхи куыд хатын, мæ практикæ куыд цæуы, уыдæттæй мæ фæрсыныл. Урал рæсугъд бæстæ у, æви нæ, суанг ма мæ уымæй дæр бафарста. Стæй та æрæвпæлдта гыцци æмæ Хъæссæйæ, суанг нæ дæрд- таг хæстæджытæ æмæ зонгæты онг се ’ппæтæй дæр салæмттæ фыссынмæ. Æппыпфæстаг, рахызти Зæлинæ- йы коймæ. „...Иу æнаккаджы аххосæй стыр масты бахаудта Зæлинæ, йæхи хъаруйы фæрцы фервæзти æпамонддзи- надæй æмæ ма, чи зоны, мæлæтæй дæр, — фыста Зариф- 328
фæ. Мæ цæстытæ бптарытæ сты фыртыхстæй, нал æв- зæрстоп хъæрнывтæ, цыма кæрæдзийыл атыхстытæ, сæмхæццæ сты фыстæджы аив фыст рæнхъытæ. Мæ бон нал уыди дарддæр кæсын, æрмæст ма мæхипымæр дзырдтон: „Зæлинæ йæхи хъаруйы фæрцы фервæзти стыр æнамопддзинадæй æмæ ма „чи зоны, мæлæтæй дæр\.. „Æмæ ма, чи зоны, мæлæтæй дæр, мæлæтæй, мæлæтæй!" — мæ хъусты нæрыдысты æвирхъау дзырдтæ. — Чи уыди уыцы æнаккаг, мæхи Зæлинæйы масты хай чи бакодта, мæлæты хъæбысмæ йæ чи фæцæйæп- пæрста? Цæмæн? — фарстон мæхи, фæлæ ницы дзуапп ардтоп мæ фарстытæи. Мæ зæрдæ ме ’муд куы ’рцыди, уæд та дарддæр кæсыи райдыдтон Зариффæйы фыс- тæг. „...Тæрсгæ ма фæкæн, Инал, ныр æппæт тасдзинæд- тæ, фыдæхсæвтæ фæсте баззадысты, — фæдзæхста мæ уый. — Ныр Зæлипæ, раздæрау, æнæниз æмæ дзæбæх у. Рынчындонæй раджы рацыди, æз æм бои дыууæ-æртæ хатты бауайын, абадын йæ цуры, исты худæн ныхæстæ йын акæнын, аирхæфсын æй. Арæх æм бауайынц гыц- ци æмæ Хъæссæй дæр. Рынчындонмæ куы бахауди, уыцы изæрæй суанг йе сдзæбæхы бонмæ та æнæхъæн бинон- тæй рынчындоны бацардыстæм. Цы пыффæрæзтой гыцци æмæ Хъæссæй уырдæм згъорынæй, рынчыны раз бады- нæй!.. Дæу, кæй зæгъыи æй хъæуы, фæнды, Зæлинæ цы кодта, цæмæн æмæ кæй аххосæй бахаудта рынчындон- мæ, уый базонын. Зæлинæйы бæргæ нæ фæнды, бар 329
мын нæ радта, фæлæ дын æй хъуамæ радзурон хæрз цыбыртæй... Ацы æнаккаг Бæби Фæрдыгæй йæ бон куы базыдта, уæд ныууырдыги мæнмæ. Иудадзыг мæ хъахъхъæнгæ кодта. Æмæ-иу уынгмæ рахызтæн, зæгъгæ, уæд та-иу мæ разы февзæрди. Райдыдта-иу дзурын, бирæ мæ кæй уарзы, æнæмæн йæ цард зындоны хуызæн кæй у, уый. Æрвылбон мæм æрвыста фыстæджытæ, фæсбайдиантæм хъеллау кодта нæ хæдзары алывæрсты. Цыбыр дзыр- дæй, нал дзы фæрæзтон. Цал æмæ йын цал хатты дзырд- тон куы тызмæгæй, куы та сабырæй, де ’дылы митæ ныууадз, дзæгъæлы ма фæлмæцын кæн мæн дæр æмæ дæхи дæр, зæгъгæ. Фæлæ нæй æмæ нæй. Иу изæр Хазби махмæ ’рбацæйцыди (институтмæ фæлварæнтæм куы цæттæ кодта йæхи, уæд-иу арæх æр- бауади Хъæссæймæ æххуысагур) æмæ нæ хæдзары алы- вæрсты рацу-бацугæнгæ ’рбаййæфта Бæбийы. Нæ зонын, цахæм дзырд рауади дыууæ лæппуйы ’хсæн, стæй йæ Хазби куыд фæтæрсын кодта, уый. Фæлæ уыцы изæ- рæй фæстæмæ ме ’мгæрæтты никуыуал ауади, мæ цæс- тæн-йæхи нал фенын кодта, фервæзтæн йе’нæкæрон фыс- тæджытæй дæр. Фæлæ... Иу цалдæр боны фæстæ мын Зæлинæ, йæ цæссыгтæ калгæ, хъаст кодта Бæбийæ. Куыд мын радзырдта, аф- тæмæй мæ фæстæ та уый æрдæм фæци Бæби. Иу изæр æй кæмдæр æрурæдта æмæ та уымæн дæр райдыдта йæ „уарзондзинады" сагъæстæ. Зæлинæ йын сабыргай бам- барын кодта, дæу кæй уарзы, дзырд дыи кæй рад- •ззо
та, æмæ дæ кæй никæуыл баивдзæн, уый. Бæби, дам, бахъуыр-хъуырьи кодта, сомбоны индзылеры раз, дам, цæмæн хъуамæ равзарай, ныр уал азы институтмæ фæл- варæнтæ раттын чи нæ фæразы, абоп дæр ма йæ мад æмæ йæ фыды] цæнгты фæллойæ лæвар чи цæры æмæ дзæгъæлдзу, расыггæнаджы пом, писиау, кæуыл нынны- хæсти, уыцы Бæбийы? Фæлæ, дам, уæддæр ахъуыды кæн. Хабар уыцы бон фехъусын кодтон Хазбийæн, бафæ- дзæхстон æй, цæмæй йæ хъус дара Зæлинæмæ. Æмæ та дыууæ лæппумæ кæмдæр тызмæг ныхас рауади. Бæрæг нæу, Зæлинæ хъæумæ, йæ мады ’рвадæлтæм кæй ацыди, стæй фæстæмæ кæд раздæхдзæни, уый куыд æмæ кæй æххуысæй базыдта Бæби. Йæхицæн сæрмагонд „Москвич" кæмæн ис, ахæм лæппуимæ уыцы бон ацыди Зæлинæйы] мады ’рвадæлты хъæумæ. Семæ ма уыди цавæрдæр Дудар, Бæбийæн йæхиау æнæхъуыддаг, дзæ- гъæлдзу æмæ расыггæнаг лæппу. Кæмдæр аууонран бау- рæдтой сæ машинæ æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдтой, Зæлинæ фæндагыл кæд фæзындзæн, уымæ (хъæумæ ма- шинæвæндаг иæма ис æмæ Бæби, æвæццæгæн, зыдта, Зæлинæйæн йæ фæндаг сæ рæзты кæй уыд). Чызг, æппынфæстаг, æрцыди фæндагмæ, æнхъæлмæ кæсын райдыдта исты машинæйы фæзындмæ. Уыцы рæс- тæг Бæби æмæ йе ’мбæлттæ сæ фæндаг ракодтой, кæй разы бадтысты, уый æрдæм. Чызг машинæ куы федта, уæд бацин кодта, йæ къух сдардта, аласут мæ, зæгъгæ. Цæмæй зыдта, машинæйы фыдгæнджытæ бады. Шофыр 331
фæурæдта, нæ фарсмæ сбадып кодта чызджы. Иудзæв- гар куы ауадысты, Зæлинæ æрмæст уæд бафиппайдта, Бæби йæ хæдфæстæ кæй бадти, мидбылты худгæ нæм кæй касти, уый. Чызг фæтарсти, скатай. Карзæй загъта шофырæн, фæуром æмæ ахизон, дарддæр мын уемæ цæугæ нал у, зæгъгæ. Фæлæ... Бæби иу къухæй æрæл- хъывта Зæлинæйы уæхск, иннæмæй та йæм кардæй бав- зыста, стæй йыл фæхъæр кодта: — Кæд дæ мæлын нæма фæнды, уæд æнцад бад, сы- быртт ма кæн. Ацæудзынæ, мæн кæдæм фæиды, æр- мæстдæр уырдæм. Стæй дæ райсом баппардзынæн уæ- химæ. Шофыр бауромыны бæсты поджы фæцырддæр кодта йæ цыд. Ноджы ма иу цасдæр куы ауадысты, уæд Зæлинæ æваст ауыдта уæзласæн машинæ. Гуыффæйы лæууыд æртæ æви цыппар нæлгоймаджы. Цыдæр ныфс æмæ хъару фæзынд йæ зæрдæйы. Кæрæдзимæ æввахсæй-æв- вахсдæр кодтой дыууæ машинæйы. Зæлинæ æвиппайды фегом кодта „Москвичы" дуар æмæ йæхи аппæрста фæн- даджы хъæбæрмæ. Бæби æмæ йе ’мбæлттæ Зæлинæйы уым уадзыгæй, йæ туджы мæцгæ куыд ныууагътой æмæ куыд афар- дæгысты, горæтмæ йæ чи æмæ куыд æрхæццæ кодта, уый базыдта æрмæст знон (фыдгæнджыты хъуыддаг тæрхондон куы ’взæрста, уæд æппæт дæр радзырдтой, уæзласæны цы лæгтæ бадти, Зæлинæйы чи фервæзын кодта, уыдон). 332
Йæ рахиз цоиг разынди саст, цæфтæ, тугæрхæмттæ уыдысты йæ рахиз уадул, йæ уæрджытæ. Цалдæр боны дзыхæй не сдзырдта, æвæццæгæп, фæтарсти. Цыдæр дзæ- гъæл каст кодта дард кæдæмдæр. Искуы иухатт-иу куы афынæй, уæд та-иу куы кæугæ кодта йæ мидфынæйæ, куы та—фæдис-хъæр. Мæ зæрдæ куыннæ аскъуыд йæ тæригъæдæй! Тынг цырд æм фæлæууыдысты дохтыртæ, æхсæвæй- бонæй йæ разы лæууыдысты радгай, пал сауæрстой æппæтæй хуыздæр æмæ зынаргъдæр хостыл. Гъе æмæ нын ингæны былæй раздæхтой нæхи Зæлииæйы... Зæлинæйы мад æмæ фыды дуарахæст бакодтон Бæ- бийы ныййарджытæ, стæй сæ хæстæджытæ, лæгæвзæрст минæвæрттæ. Нæ ферох кодтой Хъæссæй æмæ гыццийы дæр, сымахимæ, дам, хæлар сты, байхъусдзысты уæм, бахатут сæм, цы домынц, уый сын бафиддзыстæм, ад- джын пицыуал скæндзыстæм иæ хæдзары, сымах фыдæ- бонæн дæр аргъ уыдзæни. Стæй сæ Хъæссæй куы фæ- сырдта, уæд та мæныл сагъуыдысты: баныхас, дам, кæн чызгимæ, цæмæй дам, зæгъа, скъæфгæ мæ иæ акод- той, фæлæ мæхи фæндыд æмæ афтæмæй ацыдтæн. Стæй, дам, фæндагыл æнæнхъæлæджы фегом машинæйы дуар, æмæ, дам, афтæмæй рахаудтæн... Цыбыр дзырдæй, мæ иупæг сабийы хъысмæт, дам, уæ къухы ис, æрмæст, дам, сымах бон у йæ фервæзын кæнын. Дæ хорздзипад дын пæ уæлæ пæ ныууадздзыстæм, Зæлинæйæ та, дам, нæхицæп уарзоп чыидз скæидзыстæм. Æмæ мын цыпæ дзырдтон. ззз
Иудзæвгар сæм фехъуыстон, стæй сæ Хъæссæй цы фæндагыл арвыста, æз дæр сæ ууылты фæраст кодтон, тæвд калгæ..." Зариффæйæ нæ ферохи, Бæби æмæ йе ’мбæлттæй тæрхондон кæмæн цал азы аскъуыддзаг кодта ахæс- тоны фæбадын, суанг ма уый ныффыссын дæр. Фæндз- гай, æвдгай азтæ сын кæй радтой, уый йæм фаг нæ фæкасти. Ахæм цардхалджытæн, дам, ноджы карздæр тæрхон æмбæлди. Уый фæстæ та мæ ногæй фæдзæхсын райдыдта, цæмæй ма фæтæрсон, ма тыхсон, мæ зæрдæ бынтондæр ма ’хсайа Зæлинæмæ, стæй иннæтæм дæр. „Ныртæккæ нæ бинонтæ се ’ппæт дæр сты дзæ- бæх, æнæниз, хъæлдзæг. (Зæлинæйы дæр нæхи бипон- тимæ нымайын, уымæн æмæ йæ афтæ хонынц гыцци æмæ Хъæссæй дæр). Æнувыдæй нæхи цæттæ кæнæм нæртон чындзæхсæвмæ. Чы зоны дзы дыккаг чындзæх- сæв дæр сæыхъиза... Зæлинæйы дæр бæргæ фæнды дæумæ ныффыссып, фæлæ йæ цæсгом нæ хъæцы, æз ын дзурын, зæгъын, æдылыкъоппа, чпдæр дæ мæлæты хъæлæсы фæцæйтъыста, уымæй уый цы аххосджын фæци. Фæлæ мæм нæ хъусы..." Дыууæ чындзæхсæвы? Цавæр дыууæ чындзæхсæ- вы? — хъуыды кодтон мæхинымæр. — Иу дзы, æвæццæ- гæн, æз æмæ Зæлинæйы чындзæхсæвы кой кæны. Æмæ афтæ куы бадзырдтам, нæ дыууæ дæр дипломтæ куы рай- сæм, æз иидзылер куы суон, уый та — ахуыргæнæг, нæ чындзæхсæв уый фæстæ уыдзæп. Æвæццæгæн, гыцци æмæ Хъæссæй сæхинымæр исты фæнд кæнынц, æмæ 334
уый кой ракодта æдылы чызг. Фæлæ ма дыккаг та кæй чындзæхсæв уа. Кæд мыййаг йæхæдæг искæй ссардта мæлинаг æмæ мын уый ралæхурынмæ хъавы. Æз дын ахæмчындзæхсæв ратдзынæн, ахæм, дæлимонты паддзах! Цалынмæ институт каст фæуай, уæдмæ чындзæхсæв искæй хæдзары дæр нæ фендзынæ, искæй хæдзары! „Хазби тел сæрвыста. Цы дыууæ фæлварæны радта, уыдонæй уал райста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Цы хорз уаид, иннæ фæлварæнтæ дæр ма йын афтæ рæвдз куы ацæуиккой... Уæвгæй, цы худæг у, цы худæг ацы Хазби! Ныр дын иу изæр, Мæскуымæ ацæуыны хæдразмæ, куы ’рбацæуид махмæ. Иумæ бадæм кæрты, цавæрдæр æнæпайда дзæнгæда цæгъдæм. Æваст мæ цæстытæм ныккасти, куыддæр асырхи йæ цæсгом æмæ æнахуыр тыхст хъæлæсæй сдзырдта: „Зариффæ!" æмæ ферхæцыд, стæй та — ноджы. Æз ыл бахудтæп, зæ- гъын, цы „Зариффæ, Зариффæ" кæны. — Иу ныхас дын зæгъдзынæн, Зариффæ, æрмæст тæрсын, куы мæм фæхæрам уай, — æппынфæстаг, сфæ- рæзта Хазби. Тæрсгæ дæр ма фæкодтон, зæгъын, кæд дæу тыххæй исты æвзæр хабар фехъуыста. — Уарзын дæ, Зариффæ, тынг бирæ дæ уарзын. Мæ цæрæнбонты дæуæй фылдæр никуы никæй уарзтоп æмæ никæй дæр бауарздзынæн, — йæ’ ныхас дарддæр кодта Хазби. — Æцæг ды институты æртыккаг курсмæ ахыз- тæ, дыууæ-æртæ азы фæстæ рынчынтæ дзæбæх кæн- дзынæ, æз та, дæуæй бирæ хистæр уæвгæйæ, институт- мæ фæлварæнтæ раттынмæ ныртæккæ хъавын. Стæй 335
исты сарæхсдзынæн, айсдзысты мæ, уып дæр, чи зоиы? Гъе, фæлæ дæ уæддæр уарзын æмæ йæ ды дæр хъуа- мæ зонай... Уый ахæм хъæлæсы уагæй дзырдта, æмæ йæ тæри- гъæдæй мæ зæрдæ бауынгæги, мæ цæссыгтæ ма тых- амæлттæй баурæдтон. Уыцы изæр æз ницы загътон Хъæссæй æмæ гыццийæн. Афтæ ’нхъæлдтон, хыл мæм кæндзысты, фæлæ нæй! Сæ зæрдæмæ фæцыди Хазбийы пыхас. Хъæссæй ма афтæ дæр загъта, уый, дам агур- гæ æмæ æнæаргæ лæппу куы у. Æрмæст, дам, Иналы дæр афæрсын хъæуы... Æргом пицы загътои, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма пæ æз дæр бирæ уарзын, цыма, Хъæссæйы загъдау, „агургæ æмæ æпæаргæ" лæппу у. Дæумæ та куыд кæсы? Хъæссæйы ныхас дæм раст кгхзсы?" Хъуыдыты, сагъæсты та арвыстон уыцы ’хсæв дæр. Рухс кæпын куы байдыдта, æрмæст уæд бафынæп дæн. Райхъал дæп, Вапя мæм куы сдзырдта, уæд. — Цы хабар у? Рынчын фæдæ миййаг? — бафарста мæ Вапя. Æз ын цыбыртæй радзырдтоп Зариффæйы фыстæджы хабæрттæ. — Дæ практикæйы рæстæгæй ма аззади цалдæр боны. Абоп дын сцæттæ кæпдзынæп хъæуæг документтæ, фыстæг дыи арвитдзынæн Владимир Михаилы фыртмæ. Дæ бон у, тæккæ райсом ацæуай Мæскуымæ, институт- мæ, уырдыгæй та — уæхимæ. Фси дæ ныййарджыты, дæ хойы, æрсабыр кæп æмæ барæвдау Зæлипæйы... 336
ЦЫППÆРДÆСÆМ СÆР ДЫУУÆ ЧЫНДЗÆХСÆВЫ Мæскуымæ ’рбаздæхгæйæ, вокзалæй комкоммæ мæ фæндаг акодтон институтмæ. Куыддæриддæр кæрт- мæ бахызтæн, афтæ хæрхæмбæлд фæдæн Владимир Михаилы фыртыл. Уый мыл ахæм цин бакодта, цыма бирæ азты кæй фендмæ бæялыди, уыцы зынаргъ хæлар æрбалæууыд йæ разы. — Дæ хæлар знон радта фæстаг фæлварæн,— зæр- диаг „æгас цу"-ты фæстæ мын фехъусын кодта уый, стæй, йæ цыбыр къæхтæ цырд змæлын кæнгæйæ, мæ разæй фæрасти йæ кабинеты ’рдæм. — Фæстаг фæлва- рæн дзы мæхæдæг райстон. Дæхæдæг зоныс, бæрæг- гæнæнтæ ’вæргæйæ, куыд чъынды дæи, фæлæ йын зæрдæбынæй сæвæрдтон „иттæг хорзи. Бауырнæд дæ, мæ хæлар, ахæм дзуаппытæ лæвæрдта, ахæм, æмæ зæрдæ рухс кодта уымæ хъусгæйæ. Хъыг дын ма уæд, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма дæуæй сæрæндæр разынд, кæд дæ йæ ахуыргæнæг хоны, уæддæр... Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы дæ хæлары. Тынг æхсызгон мын уыди, Владимир Михаилы фыр- 22* 337
ты хуызæн домаг, „карз" адæймаг афтæ разы кæй у Хазбийæ, кæй дзы раппæлыд, -— Цæй ныр дзур, мæ хæлар, дæ балцы хабæрттæ. Разы дæ, уырдæм кæй ацыдтæ, уымæй? — кабинетмæ бацæугæйæ мæ бафарста уый. — Куыдтæ.цæры мæ раз- дæры ахуыргæнинаг? Куыд цæуы йæ куыст? Дзуаппы бæсты йын йæ разы æрывæр^тон Ваняйы фыстæг, стæй мæ практикæ куыд ацыд, уый тыххæй заводы дирекцийы бæлвырдгæнæн. Уый бакаст бæл- вырдгæнæн æмæ йæ разыйæ ’рывæрдта, стъолыл цы гæххæтты рæдзагъд уыд, уыдоныл. Цæйдæр тыххæй ма йæ къухæй дæр æрылхъывта, цыма искуыдæм куы атæха, уымæй йын тарсти. Кæсын райдыдта Ваняйы фыстæг. Йæ нарст цæсгом-иу куы рухс фæци, куы та — сагъæсгъуыз. ’ ’—- Æз дын куы дзырдтон, дæ ацыдыл фæсмон пæ фæкæндзынæ, зæгъгæ. Æхсызгон мын у, Иван Антоны фырт ’демæ афтæ кæй схæлари, дæ куыстæй афтæ кæй æппæлы. Фæлæ, дам, уæхицæй цавæрдæр хъыгаг ха- бар райстай æмæ мын уый тынг зын у, бауырнæд дæ. Чи зоны • дæ. уæхимæ куы ауагътаиы, уæд хъуыддаг афтæ нæ рауадаид. Фæлæ æз дæр цæмæй зыдтон, зæххыл ма ахæм адæймæгтæ дæр цæры? Æхсызгон та мын уый уыди, хъуыддаг афтæ æнæфыдбылызæй кæй ахицæн æмæ фыдгæнджытæ та карз æфхæрд кæй æр- цыды’сты... ’ ’ ; ,. - ..■-.-.. — Мæхæдæг уым куы уыдаии, • уæд, чи заны/’æв- заёрдæр рауадаид’ хъуыддаг;— загътон’ æз. -- •• : ЗЭ8<
— Нæ дæ бамбæрстон, — бафиппайдта Владимир Ми- хаилы фырт. — Уыцы чызджы бафхæрæгæн нæ ныххатыр кодтаин, æмæ... — Уæхимæ ацæуын дæ кæд фæнды? — цыма мæ дзуапп нæ фехъуыста, науæд та уыцы æнкъард хабары кой мауал кæнæм, уый йæ бафæндыд, ахæм хуызы мæ бафарста Владимир Михаилы фырт. Дзуапп нæма рад- тон, афтæ кабинеты дуар æрбахостæуыд. —- Мидæмæ рахиз, — ахъæр кодта ахуыры хайы сæргълæууæг.—Уый, æвæццæгæн, де ’мзæххон у. Сындæггап байгоми дуар æмæ ’рбахызти Хазби. Салам радта, стæй, хæрзæгъдау ног чындзау, æф- сæрмытæгæнгæ, бацыди хистæры стъолы цурмæ, ца- вæрдæр гæххæтты сыф æм радта, йæхæдæг фæстæдæр алæууыди. — Дæ ахуыргæнæгæн æгас цу цæуылнæ зæгъыс, мæ хæлар? Æви йæ нал базыдтай? — уайдзæфгæнæджы хъæлæсы уагæй бафарста нæ фысым. Хазби исдуг æндзыггондæй алæууыд, цыма йæ дарддæр цы бакæ- нын хъæуы, уый нал зыдта, стæй мыл, йæ хæдæф- сармдзинад айрохгæнгæйæ, йæхи уыцы сонт æппæрст æрбакодта. — Æхсызтои мын у, дæ фæлварæнтæ æнтысгæйæ кæй ахицæн кодтай, уый. (Хуыздæр зæгъын нæ сарæхс- тæн). — Сбад, мæ хæлар,—бапдонмæ йын ацамыдта Влади- мир Михаилы фырт, стæй ме’рдæм фæзылди: 339
— Мæ фарстæн дзуапп нæма радгап: кæд хъавыс уæхимæ ацæуынмæ? Нырма дын рæстæг фаг ис æмæ дæм уым та æнхъæлмæ кæсынц, дæ фенын сæ фæнды. — Бар мын куы раттай, уæд ацæудзынæн, Владимир Михаилы фырт. — Мæнæ дæ хæлары дæр сæхимæ фæндьт. Уымæ дæр, æвæццæгæн, æнхъæлмæ кæсы кæцыдæр саурæ- сугъд. Фырæфсæрмæй, цæхæрайау, асырхи Хазбийы цæс- гом. Ныккасти йæ къæхты бынмæ. Мæиæн та мæ зæр- дыл æрбалæууыдысты Зариффæйы ныхæстæ: „Уæвгæй, куыд худæг у ацы Хазби, куыд худæг"... Ныртæккæ æцæг худæг уыди Хазби. Дзырдарæхст, ныфсхаст, хъæлдзæг лæппу афтæ фæтыхст, афтæ сæфсæрмы, æмæ бынат нал ардта йæхицæн. Фервæзын æй кодта Вла- димир Михаилы фырт. Уый йæ сахатмæ ’ркасти æмæ сдзырдта: —-Кæд ма би^еттæ уæ къухы бафта, уæд уæ бон у, æмæ ацы изæр афардæг уат. Кæннод та райсом. Æрмæст фыццæгæм сентябры хъуамæ ам уат. Поезд афтæ сындæг цæуын дæр зоны, уый мæ уæ- ды онг нæ уырныдта. Уымæй дæр станцæйы куы ’рлæууы, уæд та йын уырдыгæй аккуырсын нал фен- тысы. Стæй куыд бирæ сты уыцы станцæтæ. Вагоиы нæ алыварс чи ныллæг хъæлæсæй ныхас 340
кæны, чи къамтæй хъазы, Чи та æдыхстæй хуыссы тæрхæгыл æмæ чиныг кæсы, кæнæ хуыррыттæй фынæй кæны. Æрмæст æз сагъдæй баззадтæн рудзынджы раз, цыма лæугæ куы кæнон, быдыртæм куы кæсон, уæд мын фæтæригъæд кæндзæн поездыскъæрæг, æмæ цырд- дæр ауайдзæн, фæцыбырдæр уыдзæн ацы æгæрон фæн- даг! Æвæццæгæн, размæ афтæ тындзыдта Хазби дæр. Æрмæст уый фæразы йæ тыхстдзинад æмбæхсын. Æмæ кæйдæртимæ хъазы къамтæй, цыма пицæуыл тыхсы, никуыдæм тагъд кæны... Афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, алцæмæн дæр райдайæн куыд ис, афтæ йын ис кæрон дæр. Кæрон разынди, ацы хатт мæм æгæрон цы фæндаг фæкасти, уымæн дæр. ...Хæдзары æмбырдæй баййæфтон нæ чысыл бинон- ты. Цæйдæр тыххæй сыл уыди сæ бæрæгбоны дарæс. Джихæйаззадысты, къæсæрыл куы ’рбалæууыдтæн, уæд. Кæрон ма кæм уыди зæрдиаг хъæбыстæн, пъатæн. Хъæссæй уайдзæфгæнæджы каст æркодта йæ швейца- раг цæнгæт сахатмæ, йæ хъусыл дæр ма йæ авæрдта, стæй йæ мæсты ’ппæрст бакодта стъолмæ. — Мæрдвынæй баци, æз та афтæ æнхъæлдтон, по- езды æрцыдмæ ма æнæхъæн дыууæ сахаты ис, — ба- хъуыр-хъуыр кодта уый, стæй дардыл айтыгъта йæ тыхджын уæнгтæ æмæ мæ йæ хъæбысы æрбатыхта, Æз бамбæрстон, мæ сусæгæй Хазби тел кæй сæрвыс- та, фæцæуæм, зæгъгæ, æмæ нæм афтæ цæттæйæ уы- мæн æнхъæлмæ кастысты. 341
Ме ’рцыд се ’ппæты æхсызгондæр уыдй Зариффæ- йæн. Уайтагъд бауади айдæны размæ. Адзæбæхтæ кодта йæ дарæс, нæ сæрыхъуынтæ, æмæ Зæлинæмæ тæхын, зæгъгæ, дуары æдде фæци. Æз рудзынгæй кас- тæн йæ фæдыл æмæ мæ бон нæ баци, ацы мæлинаг чыз- джы Зæлинæйы фенын тынгдæр фæндыди, æви-Хазбийы, уый бамбарын. — Нæ бæлццон æххормаг у, Сæниат,—цинты хабæрт- тæй кæрæдзи рафæрс-бафæрсты фæстæ загъта Хъæс- сæй. Æмæ нæ аходæн куы ахицæни, уæд та мын цыма мæ хъуыды бамбæрста, уыйау сдзырдта: — Ныр та, мæ хæлæрттæ, не ’ппæт дæр нæ фæпдаг адарæм Зариффæйы фæдыл. Разы стут? Бынаты баййæфтам Зæлинæйы бинонты иууылдæр. Æмæ, æвæдза, цас бинонтæ уыдысты — йæхæдæг, стæй йæ зæронд мад æмæ фыд. Уыдысты ма дзы Зариффæ æмæ Хазби дæр. Бафæндыди мæ Зæлинæимæ иыртæккæ хпцæнæй куы аззадаиккам, зæрдæйы фæндиаг куы фæцин кодтаиккам кæрæдзийыл! Фæлæ уый гæнæн нæ уыди æмæ, хис~ тæрты фæстæ, æз дæр салам радтон фысымтæп, куыд- хистæрæй сын сæ къухтæ райстон. Зæлинæйы урсцъар, фæлмæн къухы бæсты, цыма тæвд æфсæйнаг балхъывтон мæ армыдзыхъхъы, афтæ фæци мæ зæрдæ. Мæнмæ гæсгæ, хуыздæр уавæры нæ уыди йæхæдæг дæр, фæлæ хистæрты раз иал бауæп- 342
дыдтæн йе ’рдæм фæкæсын æмæ нæ федтон, йæ цæс- гомы хуыз куыд фæивта, уый. Фæзынди Хазбийы мад дæр. Æрбатыгуырысты æртæ хæдзары бинонтæ. ... Дзаджджын фынджы фарсмæ, дыууæ, æви æртæ гаджидауы фæстæ, ныхас йæхимæ райста Хъæссæй: — Бахатыр кæнут, нæ ныфсы кæстæртæ, æз æмæ Сæниат, стæй нæ фысымты хистæртæ сымах нæ бафарстам, афтæмæй алыг кодтам нæ царды иу ахс- джиат фарст. Мæн ныфс ис, сымах дæр сразы уыдзыс- тут нæ уынаффæйыл... Фергомдæр кæнон мæ ныхас: абон у хуыцаубон. Раст иннæ абон нæ хæдзары хъуа- мæ уа нæртон чындзæхсæв. Бамбæрстат мæ? Хорз бамбæрстон Хъæссæйы ныхас: „...Иннæ абон нæ хæдзары хъуамæ уа нæртон чындзæхсæв!" Фæлæ ма дарддæр цытæ дзырдта, цы дзуапп ын радтой Зæ- линæйы ныййарджытæ, уый нал фехъуыстон. Нæ зонын, афтæ æндзыггондæй цас рæстæг фæ- бадтæн, фырæфсæрмæй .куыд ныссырхи, кæнæ куыд ныффæлурси мæ цæсгом. Æрчъицын мæ кодта Хазбийы мады ныхас: — Æмæ иннæ чындзæхсæв та? — мидбылты худгæ бафарста уый. — Уый та ма цавæр „’иннæ чындзæхсæв" у?— хи- нæйдзаг фарст акодта гыцци. Уæдмæ мæнæн дæр мæ зæрдæ ме ’муд æрцыди æмæ мæ къухæй ацамыдтон Хазби æмæ Зариффæмæ, зæгъын, уæртæ уыдопы чындзæхсæв кæд уыдзæни, уымæй уæ фæрсы Хазбийы мад. 343
Ныр та Хазби æмæ Заркф^æйы амондджын цæс- гæмтты рад уыди цъæхтæ-буртæ кæнын, ныр та уыдон сæфсæрмы сты, ныллæг уыдон æруагътой сæ сæртæ. — Афтæ, афтæ, Сæниат: иуы—-мидæмæ, аннæйы та — æддæмæ. Рæвдз фæлæу! — хъæлдзæгæй сдзырдта Зæлинæйы мад. ...Банысангонд хуыцаубоны нæ уæрæх кæрты кæрæдзийы фæдыл рарæгъысты бæркадджын фынгтæ, зæрдиаг гаджидаутæ скъæрдта фынджы хистæр, мæ зæронд ахуыргæнæг Аслæнджери. Кæрты иннæ кæро- нæй та дардмæ хъуыстысты фæндыры аив зæлтæ æмæ фæсивæды тыхджын къухæмдзæгъд. Фæйнæ кафты бар дзы æрхаудта æз æмæ Зæлинæмæ, стæй Хазби æмæ Зариффæмæ дæр. Иннæ хуыцаубоны та нæ бинонтæ æмæ нæ хæлæрт- тæ Мæскуымæ афæндараст кодтой мæн æмæ Хазбийы.
\ ЭПИЛОДЖЫ БÆСТЫ Бадын рудзынджы раз. Ленк кæнын æнцонæй хъуы- дыты æгæрон, æнæбын денджызы знæт фæйлауæнты. Æдзынæг кæсын, уынджы дыууæрдæм чи кæны, уыцы адæммæ. Алы изæр дæр афтæ змæлæг фесты нæ уынг. Адæмæй иутæ сæ бонгуысты фæстæ фæтындзынц сæ фæрныг хæдзæрттæм, сæ уарзон бинонтæм. Иниæтæ сæ сабиты фæкæнынц сывæллæтты цæхæрадæттæй» рæвдауæндæттæй. Сæ гуккытæ тилгæ, сæ хистæртæн хъæлдзæгæй фæдзурынц, цы ног хъæзтытæ, æмдзæвгæ- тæ, кæнæ зарджытæ базыдтой, уыдон. Чи ног киноныв фенынмæ фæуайы йæ хæлæрттимæ, кæй та бафæнды йæ фæллад суадзын, йе уæнгтæ айтынг кæнын, æмæ æнæмæтæй фæтезгъо кæны изæры сыгъдæг уæлдæфмæ. Алыбон дæр ацафон ууылты фæцæуы Бæби дæр... Уæртæ та ныр дæр æрбазынд уынджы тигъæй. Цæуы иунæгæй, йæ къахдзæфтæ нымайгæ. Никуыдæм тындзы, мæгуырæг! Кæддæры буцхаст, бухъзæрдæ Бæби цы хуызæттæ сси! Куыд æй æркъæдз кодта, цард ыл цы уæззау æргъом сæвæрдта, уый. Мæнгæй нæ фæдзуры Хъæссæй: 345
„ЗСъæбысæй хæцæн нæй цардимæ. Уымæм йе ’мдзу чи нæ фæкæпы, йæ закъæттæ йып чи пе ’ххæст кæнь/, йе ’гъдæуттæ йын чн галиутæ кæны, уый пæ домбай къухтæн æрæздухы, сæрдыгон уæрдæхау, æркъæдз æй кæны æгъатырæй, сæгъы сыкъайы йæ атъыссы". Бæбийæн дæр раст афтæ бакодта рæстдзинадуарзаг цард. Бæби, адæмон рæстæвзарæны скъуыддзагмæ гæс- гæ цы авд азы фæци дард Тайгайы æгæндæг хъæды, уы- дон ылбиноныг æрæвæрдтой сæ мыхуыр: ныннизджынтæ» ныкъкъуылыхтæ ис, æнафоны фæзæрондхуыз ис, ныкъ- къæдзи. Уæддæр ма хорз у, æмæ уыцы азты дæргъы- фæхæсти дзабыртæ цалцæггæнæджы дæсныйадыл. Ныр ’ кæмдæр кусы артелы æмæ йæхицæн къæбæры аргъ амал кæны. Чидæртæ мыи куыд радзырдтой, афтæмæй, Бæби Тайгайы лагерæй куы ссæрибар ис, уæд, дам, йæ цæс- гом нал хъæцыд нæхи горæтмæ, йæ фыды хæдзармæ ’рыздæхып. Йæ амондагур къорд азты фæзылди æн- дæр горæтты. Бæрæг нæу, ногæй та цæмæн бахауд ахæстонмæ, æртæ азы та дзы цæмæн фæбадти. Æмæ, æппынфæстаг, сæхимæ куы ’рцыди, уæд та йæхи бан- къардта бынтон иунæг, æвæгæсæг, æнæхицауæй: куыд дзурынц, афтæмæй йе ’рцахсты фæстæ йæ ныййарджы- тæ сæ сæртыл уæлæмæ никуыуал схæцыдысты, сæ мид- былты никуыуал бахудтысты. Æнкъард, æрхæндæгæй æр- выстой сæ бонтæ. Иу æхсæв, дам, цардæгасæй, фæлæ рыстзæрдæйæ бафынæп ис йæ хуыссæпы Бæбийы фыд æмæ райсом 346
кал райхъали. Мæйы бонмæйæ лæджы фæдыл фæрастй Бæбийы мад дæр, йæ иунæг фырты мæстæй йæ зæрдæ дæнгæлæн ахæсгæнæ. Бæбн сындзæрхæй æрæййæфта сæ кæддæры нæргæ хæдзар æмæ дзы иунæгæй, æнкъард, æрхæндæгæй æр- виты йæ зæры бонтæ. Æниу цæй зæронд у, æмбæйттæ не стæм, æви? Фæлæ йæ æввахсмæ чи нæ зоны, уыдо- нæн куы фæзæгъын, Бæбийыл дыууиссæдз азы йедтæ- мæ нæма цæуы, нæ дыууæ иу азы гуырдтæ стæм, зæгъ- гæ, уæд сæ нæ бауырны, хатгай ма мыл худгæ дæр фæкæнынц. О, фæлæ Будзи та цы фæци, Будзи? Йæ кæддæры бодз Домбайы амарыпы фæстæ йын дыууадæс азы куы радтой, æмæ йæ дард Цæгаты уазал бæстæйы куы ба- лæууын кодтой, уæдæй нырмæ йæ кой, йæ хъæр никуы- цæйуал хъуысы. Чи йæ зоны, царды æгъатыр цæлхытæ йæ сæ быны кæм аууæрстой, кæм æй бацъист кодтой. Бæрæг нæу, цас ма фæленк кодтаин мæ мысинæгты æгæрон денджызы, кæй онг ма фæтахтаин мæ хъуыды- ты базыртылт „Волгæйы" моторы фæлмæн уынæр, стæй та Зæлинæйы ныхас куынæ ’рбайхъуыстаид, уæд. Зын базопæн нæ уыди Хъæссæйы фæлмæн хъæлæс дæр. Тынг æхсызгон мын уыди, Хъæссæй кæй æрцыди, уый. Дæ бинонтæй уарзондæр мæй дæргъы искуы куы уа, уæд йе ’рцыдыл куыд нæ бацин кæндзынæ. „Æвæццæгæн, æнæнхъæлæджы кæмдæр баиу сты дыууæ хæлары — Хъæссæй æмæ Зæлипæ", — ахъуыды кодтоп мæхинымæры æмæ сæ размæ ауадтæп. 347
— О, фæлæ тел цæуылнæ рарвыстай, тел, фæцæуын, зæгъгæ? Вокзалмæ дæ размæ уæддæр бацыдаин, — ба- уайдзæф кодтон Хъæссæйæн. — Ау, афтæ базæронд дæн, æмæ вокзалæй хæдзар- мæ иунæгæй æрбацæуын мæ бон нал у, æви мьш цæмæй фæтарстæ? — гыццылæй-иу мын куыд кодта, афтæ та ныр дæр йæ къух ме уæхскыл авæргæйæ, загъта Хъæс- сæй æмæ йæ цæстæнгасæй кæйдæр ацагуырдта уаты къуымты. Бамбæрстон, гыццийы кæй агуры, кæм ис, зæгъгæ, уый бафæрсын йæ цæсгом нæ хъæцыди. — Мæн аххосæй афтæ рауади, Инал, — цыма Хъæс- сæйы азым йæхимæ райсынмæ хъавыди, уыйау бакодта Зæлипæ. — Тел æз райстон, фæлæ йæ дæу æмæ гыц- цийæн барæй не схъæр кодтон: æнæнхъæлæджы йæ уæ разы æрбалæууын кодтаин, уый мæ фæндыди. Сындæггай æрбайгом тыргъы дуар. Зæлинæ феста- ди æмæ Хъæссæйы раз балæууыди. — Цыфæнды йæ æмбæхсай, чындз, мæ хъæбул, уæд- дæр йе стыр къæхтæ зынынц, — къæсæргæронæй æрба- дзырдта гыцци æмæ хурау схудти йæ зæронд цæсгом. Афтæ мæм фæкасти, цыма мæ мады кæддæры хæрзконд ных æмæ уадултыл цы бирæ зылын-мылыи ссывтытæ уыди, уыдон æваст фæтары сты, цыма йæ иухатты фи- дар уæхсчытыл се стыр уæз цы царды азтæ ’руагъ- той, уыдонæн се ’мбис ахауди. Цырд бауади Хъæссæ- йы размæ, зæронд лæджы йæ бынатæй фезмæлын дæр нал бауагъта, афтæмæй йын йæ миты хуызæн сæр нæ риумæ ’рбалхъывта. 348
— Хуыдуг мæ кæныс, суадз мæ, иы кæстæртæ дæм кæсынц, уыдон нывонд фæуай.-—Суадз мæ, худинаг у. — Кæмæй у худинаг? Мæнæ уыдонæЧ? Æмæ уыдон райсомæй изæрмæ кæрæдзи куынæ фенынц, уæд фыр- æнкъардæй сæ фындзтæ гогызы фындзы уагъд куы ’ркæнынц,—йæ цæсгомы алы нуар дæр худгæ кодта, аф- тæмæй дзырдта гыцци. — Уыдон нырма æрыгæттæ сты, афтæ сыч æмбæты. Фæлæ мах та... — Фæлæу-ма, фæлæу, Хъæссæй, дæ мад, дæ фыды хатырæй, æмæ зæронд кæч стæм, уый нын фаг нæу, кæрæдзийыл та ма цæуылнæ хъуамæ баузæлæм? — Цæй, ныууадз ныр, — стыхсти Хъæссæй. — Æнæхъæн мæй дæ нал федтон, æнæхъæн мæй, дæс æмæ ссæдз боны, — Хъæссæй æгæр ныфсæрми, уый куы базыдта гыцци, уæд ноджы тынгдæр ныууыр- дыгис зæронд лæгмæ. —Æви уым, курорты æрыгондæр искæй ссардтай æмæ дæ æз айрох дæн!.. Лæгæн йæ мардыл дæр æууæндæн нæй, йæ мардыл... Æвæдза, æцæг диссаг у, æнæкæрæдзи куьтд бафæ- рæзтой уал боны! Ныры уонг-иу алы аз дæр иумæ цы- дысты курортмæ, сæ зæронд уæнгтæ бацалцæг, баулæ- фын кæнынц. Ныр дæр та сæ афтæ фæндыди. Путев- кæтæ дæр сын иумæ райстон. Сæхи барæвдз кодтой æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдтой сæ ацæуыны рæс- тæгмæ, фæлæ сæ фæнд нæ рауад Зæлинæйы аххосæй: уый та, алы сæрд куыд фæкæны, афтæ ацы х&тт дæр йæ улæфты рæстæг æрвыста хохы, йæ мады ’рвадæл- 349
тæм. Сывæллæттæ дæр уым уыдысты, фæлæ сæм иу хатт Хъæссæй уынынмæ куы бацыди, уæд нал ныллаау- уыдысты, рафардæг сты зæрондимæ. Зæлинæ дæр бæр- гæ тагъд рацæуинаг уыди, фæлæ цæйдæр тыххæй ба- фæстиат ис. Зæрæдтæн курортмæ ацæуыны афон æр- хæццæ ис, фæлæ уæддæр Зæлинæ зынæг нæма уыди. Гъе, æмæ гыцци нал ацыди Хъæссæимæ: сывæллæтты мæныл нæ баууæндыди, стæй Зæлинæмæ дæр йæ зæр- дæ æхсайдта, кæд, миййаг, рынчын фæци, зæгъгæ. Уы- цы хъуыддагæй, æвæдза, Хъæссæй дæр тынг фæтарсти, чындз æнæаххосæй нæ бафæстиат, зæгъгæ. Курорт- мæ дæр нал куымдта. Фæлæ йæ æз тыхæрвитæгау акод- тон. Стæй куы ацыди, уæд та фыстæг фыстæджы фæ- дылу тел телы фæдыл æрвыста, куыд у Зæдинæйы æнæниздзинад, зæгъгæ. Æмæ йæм цалынмæ Зæлинæ йæ- хæдæг йæхи къухæй ныффыста, дзæбæх дæн, дæ зæр. дæ мæм ма ’хсайæд, зæгъгæ, уæдмæ мæн æмæ гыццийы фыстæджытыл нæ баууæндыди. Æмæ ныр сæ кæрæдзимæ кæсынæй пал æфсæс- тысты нæ дыууæ зæронды, сæ цæстытæй æрттывтой стыр цины стъæлфæнтæ. Нæ хъæлдзæг ныхас пын фæлыг кодта гыцци йæхæ- дæг. Æваст фестади йæ бадæнæй, аххосджын каст нæм бакодта æмæ сдзырдта: —Мæ бипонтæй чи фæпдаггон у, чи куыстæй æрба- цыд æххормагæй, мæныл та фырдзырд бахæцыд. Фæкæс мæм, чындз, мæ хъæбул. Сихор цæттæ у, æрмæст æн ахъарм кæнын хъæуы, — æмæ ссæдзаздзыд чызджы уад 350
акодта хæринагаразæнмæ. Йæ фæдыл ацыди Зæлинæ дæр. Кæртæй æрбайхъуысти нæ сывæтлæтты хъæлæба. Хурау ныххудти Хъæ:сæйы цæсго . Фæгæпп кодта йæ къæлæтджын бандонæй, сабиау, ципгæнгæ, азгъордта сæ размæ. Хъæссæй, цыма, йæ рагон хæлар æмгæрттыл фем- бæлди, уыйау хъæлдзæгæй дзырдта лæппутимæ: — Зæгъут-ма, мæ гыццыл хæлæрттæ, цы хабæрттæ уæм ис, куыд цардыстут, куыд ахуыр кодтат мæ фæс- тæ?.. Уæ боныгтæ ма мын фепыл кæнут. Чи уæ куыд ахуыр кæны, цахæм бæрæггæнæнтæ райстат, ам куынæ уыдтæн, уыцы рæстæджы? — Куыдæрæгмæ цыдтæ? — Хъæссæйы фарстæп дзуапп раттыны бæсты загъта хистæр лæппу. — Ам æпкъард кодтон æнæ дæу. Тынг дæ рымысыдтæн. — Æз æй, æвæдза, дæуæй тыхджыидæр мысыдтæп. Дæуæй тынгдæр æнкъард кодтон æнæ даданæ, — йæ хистæры ныхмæ фæци кæстæр лæппу. — Цымæ цæмæй базыдтай, мæнæй йæ тынгдæр мы- сыдтæ, уый? — бафарста йæ хистæр æмæ ныххудти. — Мæнæй тынгдæр мысыди дадайы. . — Цымæ цæуыл худыс? — мæсты кодта кæстæр. — Æз бирæ уарзын дадайы. Æмæ лæджы фылдæр чи уар- зы, уый йæ мысгæ дæр тыхджындæр кæпы. Уым дис- сагæй цы ис? — йæхи дзырд кодта кæстæр. Иннæ лæп- пу та ныххудти. — Сослан, дæумæ, æвæццæгæн, тæрæзтæ ис. Аба- 351
рыс æмæ уайтагъд базоныс, чи кæй цас уарзы, цас мы- сы, уый. Афтæ у, Сослан? — фелхыскъ æй кодта йе ’фсымæр. — Цавæр тæрæзтæ мæм ис? Цытæ дзурыс, Алихан?— фæтыхсти кæстæр лæппу. — Ныртæккæ та сæм хъаугъа рауайдзæни, — батыхс- ти Зæлинæ, фынгмæ хæринæгтæ ’рбахæсгæйæ. — Цæй, хорз, мæ гыццыл хæлæрттæ. Æз ныртæк- кæ æнæ тæрæзтæй дæр базондзынæн, уæ дыууæйæ мæ æцæг фылдæр чи уарзы, уый, — цыма Зæлинæйы тыхст ныхас фехъуыста, уыйау батагъд кодта Хъæссæй лæп. путы басабыр кæныныл. — Фенын мын кæнут уæ боныг- тæ æмæ уæд æппæт дæр бæрæг уыдзæни. Исдуг сыбыртт нал хъуыстис сывæллæтты уатæй. Æз бамбæрстон Хъæссæйы фæнд. Диссаг у, æвæдза, мад æмæ фыды цард. Фæфыдæбон кæнынц зæнæгыл. Схъомыл сæ кæнынц. Стæй та ногæй басчъия кæнынц сæ дыстæ æмæ та райдайынц уыдон сывæллæтты хъомыл кæнын. Нæ дыууæ фыртыл сæ райгуырдæй фæстæмæ æз æмæ Зæлинæ фылдæр бафвг- дæбон кодтам, æви гыцци æмæ Хъæссæй, уый зын зæ- гъæн у. — Бахатыр кæн, Алихан, ма мæм фæхæрам у. Фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма мæ Сослан чысыл фылдæр уар- зы æмæ йыл ды дæр сразы у, — æппынфæстаг та рай- хъуысти Хъæссæйы рæвдыд ныхас. — О, о! Федтай!? — сцин кодта кæстæр лæппу. — Куы дын загътон, æз æй фылдæр кæй уарзын, æмæ 352
дæу пæ уырныдта. Ныр та ма цы зæгъдзынæ? — Нæй, дада, уæддæр мæнмæ афтæ кæсы, цыма дæ мæнæй фылдæр ничи уарзы, — Хъæссæй æмæ Сосланы ныхасыл нæ разы кодта хистæр лæппу. — Дада, а-дунейы дæ мæнæй фылдæр кæй ничи уар- зы, уый раст у. Фæлæ йæ цæМæй базыдтай, æххæст ма уый дæр куы зæгъис, уæд Алиханы дæр бауырнид, — фæуæлахизуæвæджы хъæлæсæй загъта Сослан. — Куыд зыны, афтæмæй ды уыдонæй сывæллондæр фестадтæ, — Хъæссæймæ къæсæрæй бадзырдта гыцци.— Рацæут, сихор ныууазали æмæ та ногæй хъармкæнинаг фæци. Фынджы фарсмæ иу чысыл абадтыстæм æнæдзур- гæйæ. — Дада, цæуылнæ мын зæгъыс, æз дæ фылдæр кæй уарзын, уый куыд базыдтай? — йæ хæрып фæуагъта, аф- тæмæй та бафарста Сослан. — Уымæй йæ базыдтон, мæ хъæбул, æмæ дæ боны- джы бæлвырдæй фыст у, — дзуапп радта Хъæссæй.— Курорты куы уыдтæн, уæд Алиханæй хуыздæр бæрæг- гæнæнтæ фæистай. Гъе, æмæ мæм афтæ фæкасти, цы- ма мæ хъæбултæй хуыздæр чи ахуыр кæны, уый мæ фылдæр уарзы. ХъæссæйЕ^ сæ чи фылдæр уарзы, уый фæдыл йæ тæккæтæмæны куы бацыди дыууæ лæппуйы быцæу ны- хас, раст уыцы рæстæг пæ къæсæрыл æрбалæууыдыс- ты Хазби æмæ Зариффæ сæ дыууæ сабиимæ. 196^—1969 азтæ. 353
СÆЙРÆ ГТÆ Сфæлдыстады тæмæпы (разныхас) ... 3 Фыццаг сæр. Гыццийы цæссыгтæ .... 0 Дыккаг сæр. Зивæджы дзæкъул 42 Æртыккаг сæр. Мæ фыццаг дард балц ..... 69 Цыппæрæм сæр. Хъæссæп — мæ зондамонæг, мæ ирвæзынгæнæг ... 98 Фæидзæм сæр. Æиæхопгæ уазджытæ . . . . .121 Æхсæзæм сæр. Хазби æмæ Будзп . . . . . .124 Æвдæм сæр. Фæдзæхст -195 Æстæм сæр. Тæрхондон 216 Фарастæм сæр. Дыууæ ахуыргæпæджы æмæ дыууæ ахуыргæнинаджы 234 Дæсæм сæр. Фæлварæнтæ æмæ цин .... 257 Иуæндæсæм сæр. Хахуыр 292 Дыууадæсæм сæр. «Дæ хорзмæбæллæг» . . . 309 Æртындæсæм сæр. Зариффæйы фыстæг .... 320 Цыппæрдæсæм сæр. Дыууæ чындзæхсæвы . . .. 337 Эпилоджы бæсты ..... 345
ЕЛИОЗ ДЛВИДОВИЧ БЕКОЕВ нл крыльях рлздумья (Роман па осетинском языкс) Издательство «Ирыстоп» Цхиппали — 1909 э^огоъ ^«ьзослоь с!0 &а«5го.эзо ГСОБЭ&ОЬ ЪШдЪЪЗ 2,оЭсоЭ(3[)9г^сооо „о&оЬоооб" ^ЬоБзсх^о — 1969 Рсдактор Л. С. Пухаев Художник С. В. Дзеранов Худрсдакгор Л. Д. Ванзев Тсхредактор Ш. Г. Елбзкиеч Коррсктор О М. Бибилопа Сдапо в пабор 23. IV. 1969 г. Подписаио к печатн 6. VI. 1969 г. Зак. № 452. Изд. листов 11,5. Печат. листов 15. Формат бумаги 70х1807з2. ЭТ 00319. Тираж 1000 экз. Цена 52 коп. Цхипвальская типографпя Главполиграфпроча, г. Цхипвали, ул Московская, 5.