Текст
                    <Лк*Сааий с/айаак
БОМБÆТÆ
НÆРЫНЦ
Радзырдтæ сывæллæттæн
Цæгатп Ир ы с тоны яин г уыты рауагъдад
Ор д ж оникид ле к 1963


НÆ ЗЫНАРГЪ САБИТÆ! Ацы радзырдтæ куы бакæсат, уæд базондзыстут, æрыгон сырхæфсæддон Василий Кркжов хæсты быды- ры куыд фесгуыхт, гыццыл лæппу Гришкæ урс хъа- захъхъæгты сæ хъæуæй куыд фæсырдта, стæй дада æмæ Семёны ахæстæй куыд суæгъд кодта, уыдæттæ æмæ ма ноджы æндæр хабæрттæ. Аркадий Гайдар РАССКАЗЫ ДЛЯ ДЕТЕЙ МЛЛДШЕГО ШКОЛЬНОГО ВОЗРАСТА Перевел Б а д о е в Т. А. Северо-Осетннскос кппжное издательство Орджошн.нд’зе * 1963
СОВЕТТЫ ФÆЗ Ш^ПВ; ЫЦЫ хабар уыдис 1919 аз — кæд ма исты ШшН& зонын, уæд февралы. Уæд мыл фынддæс м* азы йедтæмæ нæма цыд. Тынг æнувыд мыл уыд нæ къамандыгæнæг, йæ хæларзæрдæйæ мæ куы адъютант хуыдта, куы орди- нарец. Гъемæ, дын, мын иуахæмы афтæ куы зæгъид: — Æнкъард-иу ма кæн, мæ сахъгуырд! Æз цæуын Советты фæзмæ. Дæу дæр бæргæ акæнин мемæ, фæлæ мæ машинæйы бензин нæй æмæ мæхæдæг дæр бæхыл цæуын.
Æфсæдтæ фæзмæ цæмæн тагъд кæнынц, уый æз зыдтон, æмæ мæ йемæ кæнынвæнд нæ кæны, уый куы бамбæрстон, уæд хорзау нал фæдæн, æмæ йын ба- лæгъстæ кодтон: — Æмбал къамандыгæнæг, тынг мæ фæнды мæн дæр! Демæ мæ ауадз саргъы бæхыл. Уый мын бафæдзæхста: — Æцæг, де ’нгæс дæхимæ дар! Цыппæрвадыгæй атахтæн æз дæр скъæтмæ, бæх- ты сабырдæры æвзарынмæ, уымæн æмæ бæхыл ба- дынмæ нæма арæхстæн. Фæлæ ме ’намондæн сабыр бæхтæй иу дæр нывыл нæ разынд: чи цауд уыд, æрдæгмард, кæмæн та йæ фæрсчытæ зындысты. Æмæ мын саргъ сæвæрдтой иу бæрзонд хинæйдзаг бæхыл. Куыддæр фæзмæ бахæц- цæ стæм, афтæ бæх хуыррыттытæ кæнын райдыдта, йæ хъустæ фæгæмæл сты, æмæ иннæ бæхты йæ фæс- таг æрдæгæй схойы... Райдыдта митинг, æмæ Мæскуыйы Советы бал- къонæй ныхас кодтой бирæ бæстæты хуыздæр ком- мунисттæ. Барджытæ мæм-иу мæстыхуызæй æрбакастысты сæ цæстызулæй, сабырæй загъд кодтой мемæ, æмæ мын-иу аивæй мæ бæхы фæцагайдтой: чи йæ цырыхъ- хъы фындзæй, чи та йæ ехсы хъæдæй. Уалынмæ адæм фæхъус сты, иу сыбыртт никæ- цæйуал хъуыст, æмæ балкъонмæ рацыд Ленин. Æз 4
цингæнгæ алæууыдтæн æгъдæнцæйттыл, ууыл мæ бæх фестъæлфыд, ныххуыррытт ласта æмæ фæстæр- дæм ралæсыд. Ленин ныхас цалынмæ кодта, уæдмæ æз та, мæ бон цы уыд, уымæй мæ бæх басабыр кæныныл ар- хайдтон. Мæхи мæт мæ нал уыд, адæмы ма, зæгъын, уæддæр куы бауадзид байхъусын нæ цытджын фæ- тæджы ныхасмæ. Ленин ныхасгонд куы фæци, æмæ фæзы музы- кæйы зæлтæ, арфæйы ныхæстæ куы айхъуыстысты, уæд кæуындзастæй мæ масты пырх мæ бæхыл акалд- тон: ехсæй йыл æрцыдтæн. Уый дæр мæ рахаста мит æмбæрзт уынгты, кæдæм, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтон. Уæдæй фæстæмæ æз Ленины никуал федтон, ни- куал ын фехъуыстон йæ дзыхы ныхас. Фæлæ мын уы- цы бон нæ адæм, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ бам- барын кодтой Ленины ныхæстæ. Арф хъуыдыты аны- гъуылдтæн æз, мæхи ракуырдтон къамандыгæнæгæй æмæ рæхджы йæ сырхæфсæддонтимæ ацыдтæн дард фронтмæ, Дыууадæсæм æфсадмæ.
ВАСИЛИЙ КРЮКОВ ЫРХÆФСÆДДОН Василий Крюковы бæх фæцæф æмæ йæ урс хъазахъхъæгтæ æрбацæйæййæфтой. Уæд уый бавдæлд æмæ йæ топпы гилдзытæ раппæр- ста, иуварсырдæм æй фехста, йе ’хсаргард райхæлд- та, дамбаца йæ роны афсæрста, йæ фæллад бæх фæ- стæмæ фæзылдта æмæ йе ’ргом комкоммæ хъазахъ- хъæгтырдæм сарæзта. Стыр диссаг сæм фæкаст хъазахъхъæгтæм ахæм 6
хабар. Уæды хæсты уый æнæрцæугæ хъуыддаг уыди, уымæн æмæ сырхытæ, йæ гæрзтæ чи аппара, уыдонæй нæ уыдысты. Гъе, уымæ гæсгæ йæ не ’скæрдæнтæ код- той хъазахъхъ уайгæ-уайыны, фæлæ йыл æртыхстыс- ты, ацы лæппуйы цы хъæуы, йæ зæрдæ цæуыл дары, уымæй йæ бафæрсæм, зæгъгæ. Йæ сырх стъалыджын цъæх худ йæ сæрæй систа Крюков æмæ сæм дзуры: — Хицау уæ чи уыдзæн, уый рацæуæд æмæ мæнæ ацы худ айсæд тагъддæр. Хъазахъхъæгтæй афтæ ма худы æфсæддон пакет хуыд ис, æмæ фæдзырдтой сæ къамандирмæ. Уый дæр æм хæстæг батардта йæ бæх, бадаргъ æм кодта йæ къух. Уæд Крюков йæ ронæй дамбаца фæцыхауи ласта æмæ йын æй йæ тæккæ ныхыл ныф- фæрсыгъта. Хъазахъхъ Крюковы лыстæг кæрдæнтæ скодтой æмæ фæцагайдтой дарддæр сæ фæндагыл. Хъазахъхъæгтæй иутæ æлгъыстой Крюковы, ин- нæтæ хæцыдысты сæ афицермæ. Фæлæ дзы ахæмтæ дæр уыдис, æмæ йæ былы бынæй ныхас кæмæн нал хауд, тарæрфыгæй афтæ чи хъуыды кодта: стыр хъаруйы хицау та куыд не ’сты, æвæдза, ацы сыр- хытæ!
ГИЛДЗЫТÆ ФСÆДТÆ лыгъдысты фæстæмæ. Бæхтæ ^Уфæтарстысты æмæ саст асыкк æдгилдзытæ \!:К^^ ныххауд фæндаджы был къанаумæ. Тагъд- тагъдæй ма уыдоны мæт чи кодта — баззадысты, æрмæст сæ къуырийы фæстæ ссардта Гришкæ, йæ сттъæн кæрдæг кæрдгæйæ. Акалдта сæгъы холлаг хызынæй æмæ йæ байдзаг кодта гилдзытæй, сæхимæ сæ æрбахаста æмæ æппæлы: — Кæс-ма, мама! Цытæ ссардтон! Цæхæр ка- лынц. дзыхъхъыннæуджытæ! Æртæккæ азгъордзы-
нæн æмæ ма дзы ноджыдæр æрбадавдзынæн мæ хы- зыны дзаг. Фæлæ мад тагъдгомау пецы дуар бахгæдта æмæ Гришкæйыл схъæр кодта: — Дæ сæры зонд фæцыд æви æрра фæдæ? Хæсгæ ныртæккæ уыцы фыдбылызы дзаума ардыгæй, æмæ сæ доны бакал. Тагъддæр, кæннод дадамæ фæдзур- дзынæн! Гришкæ йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Цы ма уыд йæ бон! Йæ хызын йе ’ккойы скодта æмæ йæ æд- дæмæ рахаста. Фæлæ гилдзытæ доны нæ бакалдта. Йæхицæн дзы ныууагъта, иннæтæ цæхæрадоны чъылдыммæ къу- тæрты бамбæхста, хъæмпæй сæ бамбæрзта æмæ сыл хус сыфтæртæ бакалдта. Райсомæй дада хæдзармæ бацыд, фæрæт къуым- мæ баппæрста, даргъ бандоныл æрбадт, рудзынг бай- гом кодта, йæ тамако сдымдта, фæздæг йæ сæрмæ сбадт, афтæмæй загъта: — Æнамонд хабар, Ганкæ! Æнхъæлдæн æмæ та Махнойы урс æфсæдтæ, кæнæ хъазахъхъ æрбацæ- уынц. Цъайы раз лæууыдтæн, æмæ доны фаллаг фар- сæй дыууæ хатты æрбайхъуыст бомбæйы уæззау нæрын. Уæд мад базгъордта къуыммæ, тагъд-тагъд рам- бырд кодта дарæсы дзæбæхдæртæ: хауджын кæлмæр- зæн, йæ къаба, дадайы цъæх хæлаф, Гришкæйы сырх- 9
бын хæдон, атыхта сæ æмæ сæ хъомдоны хуыты хус тæгæнайы бын амбæхста. Фæлæ дзы Махнойы æфсад ницы аххосджын уыд. Гришкæ доныбылæй æрбаздæхт æрмæст изæрыр- дæм. Йемæ цыппар кæсаджы æрбахаста. Тарæрфы- гæй кæсгæйæ сæ зæгæлыл æрцауыгъта, гæды сæм куыд нæ сæххæссыдаид, афтæ, йæхæдæг нæдæр йæ кæсагахстæй раппæлыд, нæдæр хæринаг бацагуырд- та, афтæмæй хъуызгæ-хъуызгæ иувæрсты ацæуынмæ хъавыд дадайы раз хуыссынмæ. Фæлæ мад уайтагъд бафиппайдта, йæ къух хæ- цъилæй баст кæй у, цыдæр кæй ракодта, уый йæ цæст- æнгасыл кæй зыны, æнкъард дзæгъæл хуымæтæджы кæй нæу, æмæ йæ тарстхуызæй афарста: — Дæ къух та цы кæны, Гришкæ? Гилдзытимæ та архайдтай? — Нæ, картæфтæ фыцгæйæ йæ цæхæрыл басыгъ- тон. Истæмæй мын æй байсæрд æмæ йæ фидар ба- бæтт, мама. Уæд мад æнæгуырысхойæ загъта: — Сайгæ мæ кæныс, Гришкæ! Фæлæ йын йæ къух байсæрста, тъупгæнаджы сыф ын ыл сæвæрдта æмæ йын æй сыгъдæг хæцъилæй бабаста. Уый фæстæ мад æддæмæ рацыд æмæ къæсæры раз æрбадт. Йæ алфамбылай уыдис стыр зæхх. Фæндæгтыл ю
цыдис стыр хæст. Æмæ гъе уым, хæсты быдыры астæу, уыдис урс трубаджын фæныкхуыз хæдзар. Æмæ дзы цардысты мад æмæ йæ хъæбул Гришкæ. Дыккаг изæр уынгæй æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр, гыбар-гыбур, гуыппытæ. Хæдзары дуарæй æрбазынд топпы фындз, йæ фæстæ — рихиджын хъазахъхъаг. Топпысыдзæй пъол æрцавта æмæ фæхъæр кодта: — Æрæвæрут ма мын тагъд дзæбæх хæринаг æмæ дурыны дзаг уазал æхсыр! Гришкæ фаетарст, йæ дзыппæй гилдз систа æмæ йæ аивæй рудзынгæй кæртмæ фехста, йе ’намондæн гилдз раст иннæ хъазахъхъаджы къæхты бын æрхауд. Хъазахъхъаг гилдз систа, хæдзармæ йæ бахаста, æмæ йæ хистæрмæ равдыста. Хистæр хъазахъхъаг афицер дурын иуварс ассыд- та. Йе ’фцæггот суагъта, йæ рон суæгъд кодта æмæ загъта: — Куыд кæсын, афтæмæй ам гæрзты скълад ис. Баджигул кæнут кæмдæриддæр: сарайæ, уæрмæй мацыуал ныууадзут æнæбасгаргæ, суанг чырыны онг. Хæдзары хицауы та хордоны бакæнут æмæ йыл гуыдыр сæвæрут. Зæронд дада æмæ Семены хордоны смидæг код- той. Кæртмæ рацыд Гришкæйы мад, скуыдта, загъд кæны йæ лæппуимæ. п
— Æнæрай сæ скæн дæ гилдзытæй! Згъоргæ ме ’фсымæр Егормæ æмæ йын фехъусын кæн хабар. — Хорз хабар нæу,— загъта Гришкæйæн Егор.— Фервæзын кæнын æй хъæуы, фæлæ куыд, нæ зонын. Цæугæ æмæ хъазахъхъ бирæ сты, стæй бахсæвиуат кæнынхъус сты æви нæ, уый базон, æз дæм хабармæ æнхъæлмæ кæсдзынæн доныбыл. Ацыд Гришкæ хъазахъхъæгты нымайынмæ. Фæлæ сæ куыд банымайа — дыууæрдæм кæнынц хъæуы уынгты æмæ сын афтæмæй дыгай хæттыты баныма- йæн дæр ис. Уæд Гришкæ бавдæлд, æмæ сын кæртыты сае бæхтæ нымайын байдыдта. Æртæ æмæ ссæдз бæхы банымадта. Егормæ азгъорон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ къутæрты æддейæ топпы гæрах æрбайхъуыст. Кæсы, æмæ бæхы рохтыл хæцгæ, иу хъазахъхъаг разгъордта æмæ хъæр кæны: — Ардæм, ардæм! Мæнæ ам хæстæг — сырхытæ! — Ныр цы хъæр кæныс уый бæрæг дын нæй, сæр- хъæн? — загъта хистæр хъазахъхъаг... — Уый нæхи бæх куы у, цæстытæ дыл нæй? — Цытæ мын дзурыс, уыдоны у!—читт-цъула нæ хауы хъазахъхъаг.— Ныртæккæ ацы бæхæй æристон æз иу партизаны. Уыцы ныхæстæ цалынмæ кодтой, уæдмæ доны былæй æрбазгъордта ноджыдæр иу хъазахъхъаг — йæ цырыхъхъытæ йæ къухы, йæ сæрыхъуынтæ хуы- лыдз, æмæ загъд-замана кæны: 12
Чи мын аласта мæ бæх, ард уæ фæнычы бацæуа? — Ау, æмæ уый дæ бæх у? — Æмæ уæдæ кæй у? Уæ цæстытæ хизынмæ сты, æви куырм стут? Уæд хъазахъхъæгтæ цæлхæмбырд æрбаисты æмæ хъуыды кæнын райдыдтой: ай дын диссаг, гъе, куыд хъуамæ рауадаид ахæм хабар? Уайгæ та ракодта афтæ. Хъазахъхъаг йæ бæх ба- баста, йæхæдæг къутæрты ныххызтис донмæ йæхи найынмæ. Уыцы рæстæг къутæрты бадт Егор, æн- хъæлмæ каст Гришкæмæ. Егор бæхы æнæхицауæй куы ауыдта, уæд йæхимидæг афтæ зæгъы: «Нæ фæлæ йыл абадон æмæ тæхон хъæдмæ, партизантæм, фæси- дон сæм æххуысмæ». Куыддæр бæхыл абадт, афтæ йæ иуварсырдыгæй æрбагæрах чындæуыд. Егор дæр йæхи фехста дæлбылмæ, æмæ цыппæрвадыгæй фæс- тæмæ хъæумæ ныййарц. Нæмыг ын æрмæст йæ рон ахауын кодта. Бахъуызыд Егор хордоны размæ, хъусы, æмæ Се- мен загъд кæны, алывыдтæ калы хъахъхъæнæгæн: фæлитой дæ, зæгъы, абырæг æй хоны. Смæсты йæм хъахъхъæнæг, топп кЪулы æнцой æрæвæрдта, йæхæдæг асиныл уæлæмæ схызт æмæ уырдыгæй æртхъирæн кæны Семёнмæ. Уæд Егор аууонæй рацыд æмæ хъазахъхъаджы топпæн йæ гилдзытæ иууылдæр раппæрста. «Æрхиз уал, стæй дын æз лæг цы у, уый фенын кæндзынæн,— 13
зæгъы йæхинымæр.— Æз дæ æнæхъæр, æнæхъинцæй æрцъипп ласдзынæн, ма тæрс!» Куыддæр тигъмæ басæррæтт кодта Егор, афтæ та æндæр хъазахъхъагыл хæрхæмбæлд фæци. — Цы сæррæттытæ кæныс ам? — бафарста йæ хъазахъхъаг.— Æви, хæдзæрттæй æддæмæ цæуыны æмæ чъылдымты дзæгъæлдзу кæныны дзырд кæй нæй, уый нæ зоныс? Егоры акодта хистæрмæ, æмæ уый дзырд радта: — Уæртæ ма йæ хордоны смидæг кæн зæрондæн æмбалæн, стæй уæд сæррæттытæ кæндзæн. Егоры дæр хордоны бакодтой. Нæ баййæфта Гришкæ Егоры донбыл. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд бынтондæр æрцæйталынг кодта. — Ме ’нæуынон фæут дæхæдæг дæр æмæ дæ гил- дзытæ дæр! — ноджы тынгдæр ныккуыдта.— Ныр Егоры дæр хордоны бакодтой. Уæд Гришкæ Семенæн æмæ Егорæн афтæ фæтæ- ригъæд кодта, æмæ йæ рустыл æруадысты раздæр дыууæ фæрдыджы, стæй та ноджыдæр цыппар. Уый фæстæ ныуулæфыд, банцад йæ куыдæй æмæ сындæг- гай йæхи айста. йæ гуыбыны цъарыл цæхæрадонæй хордонмæ ба- бырыд. Пысыраты дæлгоммæ хуыссы, æмæ мынæг хъæлæсæй дзуры: — Уæ, Егор! Уæ, Семен! Уæ къухтæй хор иуварс 14
акалут æмæ хъæдты бын хуынкъ суæгъд кæнут, æз та ардыгæй белæй къахдзынæн. Фæлæ кауы æдде, дуар цы хъазахъхъаг хъахъ- хъæдта, уый бирæгъау йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ уынæр айхъуыста. — Цæвын дæ! Чи дæ? — фæхъæр ласта хъазахъ- хъаг. Гришкæ цыппæрвадыгæй лидзæг фæци. Хъахъ- хъæнæг иу хатт æрбалхъывта мæнгвæдæг, дыккаг хатт, фæлæ топп не ’схæцыд, æрмæст дыууæ къæппы фæцыд. Æрбазгъордта хистæр хъазахъхъаг æмæ загъд систа: — Æнæ ифтыгъд топпимæ цы рабыр-бабыр кæ- ныс ам, æдылы къоппа? — Мæнг зæгъыс! — фæхъæр кодта хъахъхъæ- нæг.— Нырма дзы ныртæккæ цæвæрдтон фондз гил- дзы æмæ йæ сæргъæвтон, гилдзыты абоймæ нырдæр ма мæнæ мæ къæхты бын лæууы. Хистæр систа абоймæ. Æрбауад ма ноджыдæр цалдæр хъазахъхъаджы, цæлхæмбырд аисты, хъуы- ды кæнынц: «Куыд хъуамæ рауадаид?» Гришкæйы мад рудзынджы раз бадти æмæ хæ- къуырццæй куыдта. Уалынмæ рудзынгæй йæ пыхцыл сæр æрбадардта Гришкæ, къæмдзыгæй нал зынд, аф- тæмæй: — Кæцæй фæдæ? — афарста йæ мад. 15
— Æри-ма спичкæтæ! — Цæмæн дæ хъæуынц? — Æри-ма, цæй!—домдта Гришкæ. Рудзынджы дæлвæйнæгæй спичкæты къопп аскъæфта æмæ аны- гъуылд мæйдары. Хорз афон айста йæхи. йæ хæдфæстæ уатмæ æр- бацыд хъазахъхъаг, йæ цæст уаты къуымтыл ахаста æмæ бафарста Гришкæйы мады. — Кæимæ ныхас кодтай, кæ, ныртæккæ? — Афтæ мæхæдæг мæхимидæг ныхас кæнын,— загъта мад, Гришкæйæн тæрсгæйæ. Хъазахъхъаг бадис кодта æмæ хистæрмæ фæ- дзырдта. Бадис кодта хистæр хъазахъхъаг дæр æмæ загъта: — Æрдхæрæны диссæгтæ, хъазахъхъ! Адæм сæ- хæдæг сæхиимæ ныхас кæнынц. Мæрдтæ сæфынц. Ивтыгъд топпытæ нал æхсынц. Уæд хъазахъхъæгтæ сæ цæстызулæй акастысты талынг рудзыиджырдæм, æмæ дзы алчидæр ахъуыды кодта: «Хуыздæр нæ уаид, æхсæвыгон ардыгæй æнæфыд- былызæй полчъырдæм нæхи куы айсиккам, уæд?» Уæдмæ талынджы гæрах фæцыд, бæстæ ацарыд- та æхсæвы тары, уый фæстæ æхст стынг. — Сырхытææрбабырстой! — Æртыхстысты ныл! Сæ бæхтыл абадтысты хъазахъхъ æмæ лидзæг 16
фесты, сæ тъыбар-тъыбурæй рудзгуыты æвгты дыз- дыз ссыд. Бæстæ куы басабыр, уæд хæдзары дуарæй æнцад- гай æрбазынд Гришкæйы сæр. — Ничи нæм ис, мама? — Ничи, Гришкæ. — Цом уæдæ, хордоны дуар бакæнæм, мама. — Фæлæуу уал, Гришкæ. Уадз æмæ йæ сæхæдæг байгом кæной. — Чи? — Сырхытæ! Æнхъæлмæ кæмæ кастыстæм, уы- дон! — Кæрты ничи ис, мама? — хъуынтъызæй афар- ста Гришкæ.— Уый æз уыдтæн, мама; горæты æдде гилдзытæ рæнхъ равæрдтон, хос сыл бакалдтон, стæй сыл спичкæ адардтон. Гъемæ уæд схæцыдысты, гъе! Хорзæй, фыдæй ницы загъта мад. йæ цæстысыг- тæ асæрфта. Фанар ссыгъта. Фæрæт райста, æмæ Гришкæимæ рацыдысты хордоны гуыдыр сæттынмæ. 2 Аркадий Гайдар
ТÆВД ДУР I 4РДИС дунейыл иу зæронд лæг зыбытыиу- нæгæй, æвæгæсæгæй. Нал уыд уæззау куыс- тæн, быдта чыргъæдтæ, бынтæ хуыдта ва- линкæтæн, хъахъхъæдта колхозы дыргъдон гыццыл лæппутæй, æмæ афтæмæйты йæхицæн къæбæр амал кодта. Зæронд лæг раджы æрбафтыд хъæумæ кæцæйдæр дардæй, фæлæ адæм уайтагъд бамбæрстой, уый бирæ зынтæ, бирæ фыдтæ кæй бавзæрста йæ царды бонты. Уыд къуылых, æнафоны сурс йæ сæр. Иæ русæй 18
райдыдта æмæ былтыл æрцыд зылын скъуыдтæ нос æмæ уымæ гæсгæ, суанг худгæйæ дæр йæ цæсгом зын- дис æнкъард æмæ тызмæгхуыз. II Иухатт гыццыл лæппу Ивашкæ Кудряшкин сусæ- гæй бахызт колхозы дыргъдонмæ, дыргътæй мæхи хорз фенон, стæй ма дзы мемæ дæр рахæссон, зæгъгæ. Фæлæ йæ хæлафы фадыг быруйы зæгæлыл фæхæцыд, æмæ сындзхъалгъæнты æхсæнмæ ныххауд, йæхи ныххафта. Нырдиаг кодта æмæ йæ гъе уыцы сахат стъорож рацахста. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрондæн йæ бон уыд Ивашкæмæ пысырайæ дзæбæх базилын, кæнæ, уый та ноджы фыддæр, лæппуйы скъоламæ акæнын æмæ ахуыргæнджытыл сардауын. Фæлæ йын зæронд лæг фæтæригъæд кодта. Иваш- кæйæн йæ къухтæ уыдысты тындтытæ, фæсте йæ хæ- лафы скъуыд фысы дымæджы хуызæн æрзæбул, йæ сырх уадултыл уадысты цæстысыгтæ. Зæронд лæг тарст лæппуйы æнæдзургæйæ ракод- та цæхæрадоны дуарыл, æмæ йæ сæхимæ ауагъта, æгæр мæгуыр ын иу цæф дæр нæ фæкодта, иу æфхæ- рæн ныхас дæр не ’суагъта йæ фæдыл, афтæмæй. III Фырæфсæрмæй ма йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта Ивашкæ, хъæдмæ бафтыд, фæдзæгъæл æмæ иу цъымарайы размæ бахæццæ. Фæстагмæ бафæллад. 19
Æрбадт, хъуынайы бынæй цы цъæх дур зынд, ууыл, фæлæ уайтагъд фæсæррæтт ласта хъæргæнгæ, афтæ йæм фæкаст, цыма йæ йæ хæлафы скъуыдæй мыды- бындз ныццавта. Фæлæ мыдыбындзæн йæ кой дæр нæ уыд дурыл. Уыцы дур уыд зынджы хуызæн тæвд, йæ тъæпæн сæ- рыл æлыджы бынæй зындысты дамгъæтæ. Уыцы дур цыдæр кæлæн кæй у, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Ивашкæ уайтагъд дæр базыдта. Йæ баш- махъ раласта æмæ дзы дуры æлыг сыгъдæг кæнын райдыдта, ацы дуры пайда тагъддæр цæмæй базона, уый тыххæй. Гъемæ дзы бакаст мæнæ ахæм фыст: «Ацы дур къæдзæхы сæрмæ чи схæсса æмæ йæ уым чи асæтта, уый сног уыдзæн фæстæмæ æмæ цæрын райдайдзæн ногæй». Фысты бын уыд мыхуыр æвæрд, мæнæ хъæусове- ты цы тымбыл мыхуыр вæййы, ахæм хуымæтæджы мыхуыр нæ, стæй кооперативы талонтыл цы æртæти- гъон мыхуыр æвæрынц, ахæм дæр нæ, фæлæ хиндæр арæзт: Дыууæ дзуарæвæрды, æртæ къæдзилы, цæг æд лæдзæг æмæ цыппар къæдзыджы. Ивашкæ сагъæсы аныгъуылд. Аст азы йедтæмæ йыл нæма цыд, йæ фарæстæм райдыдта, æмæ уый карæнæн фæстæмæ ногæй цæрын райдай, ома фыццаг къласы баззай дыккаг аз, уый йæ æппындæр нæ фæндыд. 20
Уый нæ, фæлæ ацы дуры руаджы, уыциу гæппæн æртыккæгæмты балæуу, уроктæ нæ ахуыр кæнгæйæ, уæд уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ! Рагæй-æрæгмæ дæр æй зонынц адæм, цавæрфæнды дурмæ дæр ахæм тæф лæвæрд кæй никуы вæййы, уый. IV Цæхæрадоны рæзты æнкъардæй æрбацæйцæу- гæйæ та ауыдта Ивашкæ зæронд лæджы. Уый хуыф- гæ, арæх фæлæуу-фæлæугæнгæ æмæ йæ фæллад уадз- гæ, хаста чъыры бедра, йе ’уæхскыл та уыд даргъ- хъæдджын чъырæйцæгъдæн мачалкæ. Ивашкæ уыд хæларзæрдæ лæппу æмæ йæм æрцыд ахæм хъуыдытæ: «Мæнæ æрбацæуы, пысырайæ мæ хорз сарауын йæ бон кæмæн уыд, уыцы зæронд лæг. Фæлæ мын уый фæтæригъæд кодта. Стæма æмæ йын ныр та æз ба- тæригъæд кæнон, æмæ йæ сног кæнон, цæмæй мауал хуыфа, къуылых мауал цæуа æмæ мауал кæна тых- улæфт». Гъе ахæм хорз хъуыдытимæ бацыд хæларзæрдæ Ивашкæ зæронд лæджы размæ æмæ йын сæ бамба- рын кодта. Лæг ын тызмæгæй «бузныг» загъта, фæлæ йæ дыргъдон дзæгъæлæй ныууадзын нæ бакуымдта æмæ нæ ацыд цъымарамæ, уымæн æмæ ма дунейыл ахæм адæймæгтæ уыдис, æмæ уæдмæ колхозы дыргъ- дон хæрзæнцонæй чи асыгъдæг кодтаид. Æмæ зæронд лæг загъта Ивашкæйæн, цæмæй дур йæхæдæг сласа цъымарайæ къæдзæхмæ, стæй уын 21
фæстæ уый дæр æхсгæуад скæндзæн, дур истæмæй æркъуырдзæн æмæ уайтагъд фæстæмæ фæзилдзæн. Тынг хъыг ын уыдис Ивашкæйæн хъуыддаг уы- цырдæм кæй аздæхт, уый, фæлæ коммæ нæбакæсы- нæй зæронды куы смæсты кæнон, зæгъгæ, ницыуал баци йæ бон зæгъын. Дыккаг райсом йемæ айста гол- лаг, кæттаг æрмкъухтæ, тæвд дур æй цæмæй ма ба- судза, уый тыххæй, æмæ араст цъымарамæ. V Йæхи цъыф æмæ æлыгæй самæста, афтæмæй тых- тæй-амæлттæй сласта дур цъымарайæ, йе ’взаг рала- ста æмæ къæдзæх рæбын хус кæрдæгыл йæхи ауагъта. «Афтæ, гъе!» — загъта йæхимидæг. Ныр æй схæс- дзынæн къæдзæхмæ, ссæудзæн къуылых зæронд лæг, асæтдзæн дур, æмæ цæрын байдайдзæн дзыхъхъын- ногæй. Адæм куыд дзурынц, афтæмæй бирæ хъизæ- мæрттæ бавзæрста. Базæронд, æвæгæсæг, фыднад, æгасæйдæр цæфтæ, амондджын цард, кæй зæгъын æй хъæуы, никуы кодта. Фæлæ иннæ адæмтæ, цард цы у, уый зонынц. Цы у нырма Ивашкæ — саби, фæлæ ма уый дæр федта, цард цы у, уый ныр æртæ хатты. Иу хатт, скъоламæ йын куы æрæджы кодта æмæ йæ иу æнæ- зонгæ шофыр йæ цæхæртæ калгæ рог машинæйæ кол- хозы бæхдонæй суанг скъолайы размæ куы баласта, уæд. Дыккаг хатт, уалдзæджы къанауы йæ къухæй 22
дынджыр кæсаг куы æрцахста, уæд. Æртыккаг хатт та, йæ мады æфсымæр Митрофан æй йемæ горæтмæ куы акодта, Фыццаг майы хъæлдзæг бæрæгбон фе- нынмæ, уæд. «Гъемæ уадз æмæ, мæгуыр, зæронд лæг дæр цар- дæй исты фена,— хæлар зæрдæйæ загъта Ивашкæ. Сыстад æмæ дур хæрдмæ ласын райдыдта. VI Хур æрцæйныгуылд, Ивашкæ сфæлмæцыд, уаза- лæй ныккука, тæвд дуры раз йæ чъизи æмæ хуылыдз дарæс куыд хус кодта, афтæ къæдзæхмæ ссыд лæг дæр. — Дада, æмæ демæ куыд ницы схастай, йе дзæ- буг, йе фæрæт, йе мæцъис — фæхъæр кодта Ивашкæ, дисæй мæлгæ.— Æви йæ тымбыл къухæй асæттынмæ хъавыс? — Нæ, Ивашкæ,— загъта зæронд лæг,— æз æй къухæй асæттынмæ нæ хъавын. Дур сæттын мæ зæр- ды кæрон дæр нæй, уымæн æмæ мæм ногæй цæрын райдайыны зонд нал ис. Дадайы ныхæстыл дисы куыд бацыд Ивашкæ, аф- тæ йæм зæронд лæг йæхи хæстæг баласта, йæ сæр ын æрсæрфта йæ армæй æмæ лæппу бафиппайдта, йæ къух фесхъиу-фесхъиу кæй кæны, уый. — Ды, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ æнхъæл уыд- тæ æмæ æз зæронд къуылых, фыдконд, æнамонд 23
дæн,—дзырдта зæронд лæг Ивашкæйæн.— Æцæгдзи- надæй та мæнæй амондджындæр нæй дунейыл. Хъæд мыл æрхауд æмæ мын мæ зæнг асаста. Фæ- лæ уый уыдис, бырутæ куы хæлдтам æмæ дзы барри- кадæтæ куы кодтам, ды нывты йедтæмæ кæй никуы федтай, уыцы паддзахы ныхмæ сыстадтæ куы арæз- там, уæды рæстæджы. Мæ дæндæгтæ мын баппæрстой, фæлæ уый дæр уыдис, ахæсдæтты бадгæйæ æмхуыЗонæй революцион зарджытæ куы кодтам, уæд. Æхсаргардæй мын хæсты мæ цæсгом æрфазтой, фæлæ уый уыдис, адæмон полчъытæ фыццагдæр куы фæзындысты æмæ не ’знаг урс æфсæдты дæрæн кæ- нын куы райдыдтой, уæд. Ныллæг уазал барачы хъæмпы уæлæ ратул-батул систон, сæнттæ цагътон тифæй, æмæ мæм мæлæтæй тæссагдæр кастысты, знаг нæ бæстыл æртыхст æмæ ныл уæлахиз кæны, зæгъгæ, уыцы хабæрттæ. Фæлæ-иу ног хуры фыццаг тынтимæ мæ зонд мæ- химæ куы æрцыд, уæд-иу базыдтон, знаг та дæрæн- гонд кæй æрцыд æмæ та ногæй кæй бырсæм размæ. Стыр амондджынæй-иу бадаргъ кодтам кæрæдзи- мæ не ’стæгдар къухтæ иу сынтæгæй иннæмæ, æмæ-иу бæллыдыстæм, цæмæй нæ бæстæ, мах рæстæджы куы нæ уа, уæддæр мах фæстæ куыд суа, мæнæ ныртæк- кæ куыд цытджын æмæ домбай у, афтæ. Искуыдæр ма уый амонд нæу, æдылы къоппа, Ивашкæ? Цæмæн 24
ма мæ хъæуы æндæр цард, æндæр æвзонджы дуг, кæд æмæ мæ бонтæ дæр зынты рæстзæрдæйæ æрвыстон, уæд? Уый фæстæ ницуал сдзырдта, систа йæ лулæ æмæ дымын райдыдта. — Хорз, дада!—ныллæг хъæлæсыуагæй загъта Ивашкæ.— Фæлæ кæд хъуыддаг афтæ у, уæд ма мæ- хи цæуыл тухæнæй мардтон, цæмæн ластон ацы дур къæдзæхмæ, кæд æмæ афтæмæй дæр æнцад лæу- уыдаид йæ цъымарайы бынаты, уæд? — Уадз æмæ зына,— загъта зæронд лæг.— Æмæ бакæсдзынæ, Ивашкæ, цымæ дзы цы рауаид. VII Уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыд, фæлæ уыцы дур ныр дæр ма афтæ æнæ састæй лæууы кæдзæхы сæр. Бирæ адæм фæцис йæ цуры. Бацæуынц йæ размæ, æркæсынц æм, ахъуыды кæнынц, сæ сæртæ банкъу- сынц æмæ рацæуынц сæ хæдзæрттæм. Иухатт уыдтæн æз дæр уыцы къæдзæхыл, мæ зæр- дæ мæхиуыл худт, мæ чемы нæ уыдтæн. Стæ-ма, зæ- гъын, дур æркъуырон æмæ цæрын райдайон ногæй! Фæлæ иудзæвгар алæууыдтæн, æмæ афоныл мæ фæнд аивтон. «Нæ-æ, зæгъын, сыхæгтæ мæ лæппуйæ куы феной, уæд зæгъдзысты: «Мæнæ æрбацæуы æрыгон сæр- хъæн! Иу хатт йæ цард саразын нæ базыдта, æвæццæ- 25
гæн, нæ бафиппайдта йæ амонд, æмæ ныр фæстæмæ ногæй райдайынмæ хъавы». Стыхтон тамако, спичкæтæ дзæгъæл хардз цæмæй ма кæнон, уый тыххæй йæ тæвд дурыл адардтон, сдымдтон æмæ араст дæн мæ фæндагыл.
С ÆРГÆНДТÆ Советты фæз 3 Василий Крюков 6 Гилдзытæ 8 Тæвд дур 18
Аркадий Гайдар Рассказы Рсдактор Б. А. Муртазов Рис. художника Л. Ермолаева Обл. и титул Г. С. Чагелишвили Худ. редактор У. К. К а н у к о в Тех. редактор А. А. Д з г о е в Корректоры М. Б. С а в к у е в а, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 14-ХИ-1962 г. Подписаио к пе- чати 2-11-1963 г. Формат бумаги 60x921/ Печ. лист. 1,75. Учстно-изд. лист. 0,8. Заказ № 2480. Изд. № 135. Тираж 1000. Цена 4 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.