Текст
                    17ь. оол у оео
а
СЕРЕЖÆ
КОСТРИКОВ
РАДЗЫ РДТÆ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ *1958


А. ГОЛУБЕВА СЕРЕЖА КОСТРИКОВ РАССКАЗЫ О КИРОВЕ Перевод на осетинский язык^ Бадоева Т. Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1958
БИНОНТÆ Костриковтæ цардысты иу чысыл хъæдкъул хæдзары. Бирæ бинонтæ нæ уыдысты: мад æмæ фыд, стæй æртæ сывæллоны—Анютæ, Лизæ æмæ Серёжæ. Сывæллæтты хистæр уыдис Анютæ, цыдис ыл аст азы, сæ кæстæр Лизæйыл та — фондз азы, Серёжæ уыд астæуык- каг, цыдис ыл авд азы. Костриковтæ кодтой мæгуыр цард. Сæ фыд сæрмагон- дæй ницы куыстыл хæст уыд. Уржумы горæты заводтæ æмæ фабриктæ нæ уыд; йæ алыварс хъæд æмæ цъымара- тæй дарддæр ницы федтаис. Дзæгъæлы зылдис фыд горæ- ты къуымты куыстагур. Исты куыст-иу куы ссардта, уæд- дæр ницæйаг капеччытыл: кæмæн стъол скæнын хъуыд, кæмæн цырыхъхъытæ бампъузын, кæмæн та йæ зæронд 3
боцкъайыл тæлытæ æрхойын. Иу æмæ дыууæ хатты не ’рбаздæхт фыд изæрыгон сæ хæдзармæ фæллад æмæ æн- къардæй. Иуахæмы фыд сæхимæ æрбацыд, бандоныл йæхи æр- уагъта æмæ арф хъуыдыты аныгъуылд. Йæ цæст ахаста, фыр зæрондæй йæ къултæ кæмæн ныссау сты, уыцы уатыл. Иу къуымы дзы хъинц-хъинцгæнаг хъæдын сынтæг — ныр æркæлон-уæд æркæлон кæны. Къулыл сахат ауыгъд. Йæ фыстытæ хорз нал зынынц, базæронд. Рудзгуытæ тæссæрт- тæ. Пъол гæлиртæ. Сывæллæттæ бæгънæг-бæгъæввад... — Искуыдæм куыстагур фæцæуын хъæуы, æндæр амал нæй. Дыккаг райсом фыд йæхи рæвдз кæнын райдыдта. Йемæ айста голлаг, лæдзæг, иу сау дзул фæндаггаг. Ныхъ- хъæбыс кодта йæ бинойнагæн, йæ сывæллæттæн æмæ араст. — Вяткæйы хъæдфадæн заводы кæд иучысыл æхца бакусин!.. Æнхъæлмæ мæм кæсут—иу-æртæ мæймæ уæм зындзынæн. Бинонтæ æвæгæсæг, æнæдарæгæй баззадысты. Ахæм бон-иу нæ уыд, æмæ мад постхæссæг зæронд лæджы кæд нæ афарста: — Æппын нæм писмойы хабар нæй? — Фыст æй нæма фесты % нырма, — дзуапп-иу радта постхæссæг æмæ дарддæр йæ цыды кой кодта. Мæнæуæм писмо, зæгъгæ, никуы баздæхт Костриковты хæдзармæ. Æртæ мæйы рацыд, фæлæ фыд никуыцæй зынд, стæй дзы писмо дæр нæ уыд. Уæд, мæгуыр, иу бон мад азгъордта йæ зонгæ писмо- фыссæгмæ, мæ моймæ мын писмо афысса, зæгъгæ. Йæхæ- дæг нæдæр кæсын зыдта, нæдæр фыссын. 4
Писмофыссæг ын писмо ныффыста æмæ йæ Вяткæмæ арвыстой. Фæлæ сæ дарæгæй хорзæй-фыдæй ницы хабар уыди. — Цымæ йыл цы æрцыдаид?—сагъæсы бацыд мад. Дзæгъæлы згъордта Серёжæ алы бон йæ чысыл хо- тимæ уынгмæ йæ фыды размæ. Аивгъуыдта сæрд. Фесты фæззыгон къæвда бонтæ. Райдыдтой зымæгон фыццаг хъызтытæ дæр, фæлæ уæддæр фыд никуыцæй зынд. — Æвæццæгæн, фæрынчын æмæ рынчындоны амард, кæнæ та, чи зоны, хъæдфадæн машинæмæ бахауд. Куыд ма цæрдзыстæм, цы ма кæндзыстæм ныр? Æнæдарæгæй куы баззадыстæм! — æрдиаг кодта мад йæ цæссыгтæ калгæ. Куыдта Анютæ дæр, йæ фыдæн тæригъæдгæнгæйæ. Чысыл Лизæ та афæрс-афæрс кодта: — Мам, цæуыл кæуыс? Дæ сæр риссы? — Уæ мæ гыццыл хъæбул, — рæвдаугæ сæрфта мад Ли- зæйы сæр. — Серёжæ-иу, æнæ исты дзургæйæ, йæ мадмæ бакæс-бакæс кодта, стæй-иу йæ къæхты бынæй ныуулæ- фыд. Иухатт, сихор хæргæйæ, мад йæ цъæх хъæрмхуыппы къус æрдæг хæрдæй ныууагъта, уидыг стъолыл æрæвæрдта æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. Серёжæ рахызт бандонæй æмæ йæм хæстæг бацыд. — Ма ку, мам, — загъта уынгæг хъæлæсæй. — Æз куы- сты ныллæудзынæн. Мад æнæ сдзургæйæ йæ хъæбулы йæ хъæбысы æрба- кодта. Куысты ныллæууыд йæхæдæг. Хъæздгуытæм бацыд гæрстæ æмæ пъолтæ æхсæгæй, бæрæгбоны размæ сын-иу сæ куыстытæ кодта. 5
Мад æнæниз нæ уыд, арæх кодта рынчынтæ. Уæззау куыстытæй йæхи бынтон рафтыдта. Иухатт мад къупецаг ус Шамовайæн доны былмæ аха- ста гæрстæ æхсинаг. Дзаумæттæ уыдысты бирæ — æртæ чыргъæды дзаг. Бонсауизæрмæ дымгæмæ фæлæууыд, йæ къухтæ ихджын доны фæдардта, — уазал дзы бацыд æмæ фæрынчын. Тыххæй-фыдæй ма сæ хæдзармæ æрбахæццæ. Чысыл Лизæ æмæ Серёжæ бахуыссыдысты, Анютæ та рæдзæ-мæдзæ кодта, мадмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. — Цыдæр кæнын, — загъта мад æмæ æд гæрстæ йæхи тъахтиныл æруагъта. — Мам, цыкæныс? — Мадмæ æргуыбыргæнгæйæ ба- фарста Анютæ. Мад ницы дзуапп радта, æрмæст ныхъхъæрзыдта. Аню- тæ бавнæлдта йæ мады къухмæ. Къух артау сыгъд. Анютæ тынг фæтарст æмæ азгъордта нанамæ. Нана сывæллонгæсæй куыста горæты сæйраг уынджы, Перевозчиков, зæгъгæ, иу чиновникмæ, цæргæ дæр кодта уымæ. Анютæ иудзæвгар алæууыд—йæ ныфс нæ хаста дурæй амад рæсугъд урс хæдзармæ бацæуынмæ. Рудзгуытыл уыдис кружæва æмбæрзæнтæ. Иу рудзынгæй дзы калдис сырхбын рухс, иннæмæй та æрвхуыз рухс. Гом кулдуарæй Анютæмæ зынд, рæхысæй баст стыр хъуынджын куыдз кæрты куыд разгъор-базгъор кодта, уый.Куыдз йæ гæндзæхтæ тылдта чызгмæ, йæ бæттæнрæ- мыгъта. Анютæ цы кодтаид, уый нæ -зыдта. Уалынджы куыдзы рæйдмæ кæртгæс рауад. — Цы дæ хъæуы, чызг? — Нана мæ хъæуы, — загъта Анютæ æмæ скуыдта. 6
Кæртгæс æй мидæмæ бакодта. — Нана, дæумæ æрбацыдтæн, цом махмæ! Мамæ фæ- рынчын, — загъта Анютæ. — Ма ку, дæ рынтæ дын бахæрон, цом! —дзуапп рад- та нана æмæ йын йæ цæстысыгтæ асæрфта. Нана йæ сæрыл стыр хъарм кæлмæрзæн æркодта æмæ ацыдис йæ фырты чызгимæ. Фæстæмæ нал раздæхтис йæ хицау Перевозчиковмæ. Каст йæ рынчын чындзмæ, йæ цæст дардта сывæллæттæм. Сывæллæттæ йын æххуыс кодтой, цы сæ бон уыд, уы- мæй, сæхиуыл нæ ауæрстой: Анютæ-иу згъордта дука- нимæ, Серёжæ та самаварæн æхсныфтæ æмæ æндзарæнтæ уыгъта екæрты. Æрмæст чысыл Лизæ хъыгдарыны хос йедтæмæ ницы уыд, — куы-иу нанайы къæхты бын рауай- бауай кодта, куы та-иу уаты ратæх-батæх æмæ гæппытæ кæныныл сбæндæн. — Ма хъæр кæн, мæ къона, мамæ рынчын у,—дзырд- та нана Лизæйæн. Фæлæ Лизæ чысыл уыд, ницыма æмбæрста. Йæ рын- чын мады сынтæгмæ-иу схызтис æмæ-иу æй баййардта, исты аргъау мын ракæ, зæгъгæ. — Раджыма-раджыма иу паддзахæн уыдис диссаджы дзæбæх фырт Иван... — мынæг хъæлæсы уагæй дзырдта мад. Хъæрæй дзурын йæ бон нæ уыд. „Кæд фæдзæбæх уаид", — хъуыды кодта нана. Фæлæ мад нæ фæдзæбæх, бонæй-бон фыддæр кодта æмæ дыууæ мæймæ амард. Баныгæдтой йæ Уржумы зæронд уæлмæрдты æппæты кæронæй, хъæдын быруйы рæбын. — Цалынмæ æгас уон æмæ мæ къæхтыл цæуон, уæд- мæ уæ дзæгъæл нæ ныууадздзынæн, мæ мæгуыр сидзæртæ, — 7
загъта нана, мады куы баныгæдтой æмæ гуæлмæрдтæй фæ- стæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд. Æмæ нана цæрын байдыдта сывæллæттимæ. КУЛДУАР ÆМÆ КЪРЕНДЕЛИ Адæм кæд цæргæ иу уынджы фæкæнынц, уæддæр сæ цард æмхуызон нæ вæййы. Шамовы дуканийы сæйраг при- казчикы сывæллæттæ кусгæ бон дæр бсатин хæдæттæ да- рынц. Хуыцаубоны дарæсæн та сыл сæ мад æрвхуыз дари хæдæттæ скæны. Уыцы лæппутæ алы бон дæр адджинæгтæ фæхæрынц —куы адджын кæсаггонд ;пряник, куы, йæ кæ- рæттыл сызгъæрин тæлм кæмæн ис, ахæм розæхуыз ’гæх- хæтты тыхт къафетт, кæнæ та кæрты дуармæ æнгузтæ къуырцц кæнын райдайынц, æмæ æнгузтæ дæр хуымæ- тæджы æнгузтæ, вæййынц — æвзистдонытылд, мæнæ елкæ- йыл кæй фæауындзынц, ахæмтæ! Æниу сæ хъазæнтæ та! Стыр хъæдын бæх, сырх хъæ- дабæ саргъæвæрдæй. Æфсæн цалхджын уæрдон... Серёжæ дæр уыцы Полстоваловы уынджы бæргæ цæ- ры, фæлæ йын нæдæр цыллæ хæдон ис, нæдæр æм пря- ник ис, нæдæр стъæлфытæ-стъæлфытæ цъæх бæх. Ис æм ницæйаг хъазæнтæ! Хæцъилы гæбæзтæй хуыд порти, схъиугæ дæр нæ кæны, æмæ фæйнæджы гæбæз- тæ, — уыдон Серёжæйæн æрбахаста иу зонгæ пълотник. Уыцы хъазæнтæй фæхъазы йе ’мбал Санькæимæ, уыдон цæргæ дæр иу хæдзары кæнынц. Фæлæ йыл ныр Санькæ нал æрвæссы, нал æй фæнды йемæ хъазын. Уымæ ис Се- рёжæмæ цы нæй, уый: ис æм абеты чиныг... Санькæйыл цæуы фараст азы, æмæ скъоламæ цæуын райдыдта, йæ кæттаг хызын йе ’фцæджы, афтæмæй. Уый 8
стыр бузныг у йæхицæй, скъоладзау кæй у æмæ йæм абе- ты чиныг кæй ис, уымæй. Кæртмæ рацæуы, сарайы раз хъæдтыл сбады, чиныг байгом кæны æмæ кæсын райдайы: „Машæ фыхта кас. Ма- мæ уарзы Машæйы". Барæй хъæрæй кæсы Саня, уынджы дæр æй иууылдæр куыд хъусой, æмæ куыд дæсны у, уый цæмæй зоной, уый тыххæй. Серёжæ йе ’мбалы фарсмæ хъæдтыл æрбады. Лæп- пуйы сæрты абеты чиныгмæ бакæсы æмæ дзы цыма уый дæр исты æмбары, уыйау йæ былтæ змæлын кæнын рай- дайы. Тынг хъыг ын у, Санькæйы чиныджы хуызæн æм кæй нæй, уый. — Сань, сахуыр ма мæ кæн, — лæгъстæ кæны Серёжæ. — Нырма гыццыл дæ. Авд азы йедтæмæ дыл куы нæ- ма цæуы, — дзуапп радты Санькæ, æмæ та дарддæр йæ кæ- сыны куыст фæкæны: „Машæ фыхта кас. Мамæ уарзы Машæйы". — Иугыццыл ма мæм авæр дæ чиныг?—фæзæгъы Серёжæ. Санькæ йæм ратты абеты чиныг, йæхæдæг ыл худæгæй мæлы: уæддæр дзы ницы бамбардзынæ, дамгъæтæ, миййаг, куы нæ зоныс. Серёжæ иугай-дыгай фæлдахы чиныджы сыфтæ, лыстæг кæсы нывтæм æмæ дамгъæтæм. Чиныджы ис алыхуызон дамгъæтæ. Мæнæ адон стыртæ, саутæ, стæвдтæ, уæртæ уы- дон та бæрзонд дамгъæтæ, къæцæлтæ цыма сты, уыйау лы- стæджытæ, сæ сæрмæ стъæлфытæ, мæнæ адон та хæрз чы- сылтæ, къæлæсытæ-мæлæсытæ, къæдзилджынтæ. — Сань, мæнæ ай цавæр дамгъæ у? —бафарста Се- рёжæ. 10
— Кæцы?—чиныгмæ æргуыбыргæнгæйæ, загъта Саня. — Мæнæ ай, кулдуары хуызæн чи у, уый. — Ды дзы куынæ зæгъай! Кулдуары хуызæн, дам,— худæгæй мæлы Саня. — Уый „пы" у, „пы". — „Пы", — зæгъы Серёжæ дæр. — Мæнæ ай та?— Йæ къухы æнгуылдзæй амоны дыккаг дамгъæмæ. — Уый та „о"! — Серёжæ æнæууæнк каст бакодта йе ’мбалмæ, кæд мæ, миййаг, хынджылæг кæны, зæгъгæ. — „О" зæгъыс? Раст æнæхъæн кърендели! — „О" кæддæриддæр тымбыл вæййы, — сæрыстырæй загъта Санькæ. — Кæс-ма, Сань, мæнæ ай та æрдæг кърендели! — Уый æрдæг кърендели нæу, фæлæ „сы" у. Цæй, æгæр дæр, ма дыну! Сахуыр дæ! Кæннод мæнæй ахуыргонд- дæр фæуыдзынæ, — загъта Санькæ æмæ йын чиныг йæ къухтæй акъахта. Серёжæ тарæрфыгæй кæсы Санькæмæ. Æмбал ма дзы хуыздæр цы уа, — æгæр мæ фæкодта, дæлæмæ дæр-уæлæмæ дæр мын æртæ дамгъæйы бацамыдта, æмæ йæ æндæр нал фæнды амонын! Æвæццæгæн мын йæ чиныг хæлæг кæны... Цы йын уыдзæн — хæргæ йын æй, миййаг, акæндзынæн, æви йæ чъизи скæндзынæн? Чиныг куы истон, уæд мæ къухтæ мæ хæдоныл хæрзсæрфт куы ныккодтон. Серёжæ цыппæрвадыгæй фезгъоры нанамæ: — Нана, абеты чцныг ма мын балхæ! Нана ницы дзуры, йæ гæрстæ æхсыны куыст кæны. — Уæ нана, балхæ-ма мын! Æз дæр Санькæйы хуызæн чиныджы кæсдзынæн, — райваз-райваз кæны Серёжæ на- найы фæдджи. 11
— Æгæр-мæгуыр къæбæр цæмæй балхæнæм, уый дæр нæм куынæ ис, уæд ма чингуытæ æлхæныныл стæм, — тызмæ- гæй загъта нана, æмæ хисæрфæн ныццагъта, — сапоны фынчытæ Серёжæйыл бакалдысты. Фæлæ йæ уæддæр Серёжæ иуран нæ уадзы. — Цæй-ма, нана, балхæ мын чиныг, æртæ дамгъæйы фыссын куы базыдтон, — лæгъстæ кæны Серёжæ, стæй æвиппайды æхсидавæй æвзалыйы къæртт фæсаста æмæ пе- цы фарсыл кулдуары хуызæн стыр зылынтæ дамгъæ афыста. — Уыныс! Мæнæ ай „пы" у! —сæрыстырæй загъта Серёжæ. — Акса-ма, уыцы къулбадæджы сæныкмæ, пец цæмæн хъулæттæ кæныс? — загъд кæнын райдыдта нана æмæ Се- рёжæйы хъус сивæзта. Серёжæ йæхи атыдта нанайы къухтæй æмæ цыппæр- вадыгæй кæрты балæууыд. Ам ын парахат у! Фысгæ, дæ зæрдæ цасдæриддæр зæгъы, уыйас, стæй дæм нана дæр загъд нæ кæндзæн. Се- рёжæ йæ хъус аууæрста, сарамæ базгъордта æмæ зæронд уисой радавта. Йæ хихтырдыгæй йыл фæхæцыд æмæ дзы стыр хъуыддагхуызæй зæххыл дыууæ стыр зылын дамгъæ- йы афыста: „О", къренделийы хуызæн тымбыл, æмæ „Пы",, кулдуары хуызæн. ЦЫ БАХÆРОЙ, УЫЙ НÆЙ Серёжæйы нана хæрз зæронд ус уыд, цыдис ыл дыу- уæ æмæ цыппарыссæдз азы. Цæстæй хорз нал уыдис, стæй-иу уат мæрзгæйæ дæр арæх йæ синтæ асæрф-асæрф кодта. 12
— Æргуыбыр кæнын мæ бон нал у!Ницæмæнуал бæз- зын! — хъаст кодта нана. — Æри-ма, æз дæ бæсты амæрзон, — загъта-иу Серёжæ æмæ цъылын йæхимæ райста. Йæ удæй-иу бацыд мæрзы- ныл, рыг-иу йæ сæрмæ мигъау сбадт. Фæлæ-иу уæд на- найы хъуыр-хъуырæн кæрон нал уыд: — Бæстæ рыгæй фесæфтай! Цъылын Анютæмæ ратт, ды мæрзын нæма зоныс! Æмæ-иу Анютæ цъылын райста, хъавгæ, арæхстгай-иу уат хæрзмарзт ракодта, бандонæй, стъолы бынæй-иу кæм нæ рамарзтаид, иу ахæм къуым дæр нал баззад. Æмæ канд мæрзынмæ нæ арæхсти Анютæ. Уый зыдта хæринаг кæнын дæр æмæ гæрстæ æхсын дæр. Нана ма-иу Анютæимæ суанг Серёжæйы дæр ауагъта доны былмæ. Серёжæ бирæ уарзта йæ хоимæ Уржумкæйы былмæ цæуын. Анютæ-иу карзинкæйы гæрстæ хаста, уый та кар- зинкæйы былыл хæцгæ йæ фарсмæ цыдис. Анютæ-иу дурæй дурмæ хизгæ астæумæ бацыд, дон арфдæр æмæ сыгъдæг- дæр кæм уыд, уырдæм, Серёжæ та-иу былгæрон баззад. Уым-иу сæтæлджытæ æмбырд кодта, змисæй донма- рæн арæзта æмæ йæ хомæ йæ цæст дардта. — Доны ма ныххау, Нюткæ! — мæсты хъæр-иу фæ- кодта Серёжæ, йæ хо-иу донмæ æгæр куы æргуыбыр код- та, уæд. Хатгай-иу Серёжæ кастис, кастис, стæй-иу йæхи нал баурæдта æмæ, дурæй-дурмæ гæпгæнгæ, йæ хойы раз ба- лæууыд. — Цæмæ æрбацыдтæ?—раздæхтис æм-иу йæ хо. — Доны цæмæй ма ныххауай, уый тыххæй дын дæ фæдджийыл хæцон. 13
Æмæ-иу хæстæгдæр дурыл лæугæйæ, фидар хæ- цыд йæ хойы фæдджийыл, цалынмæ-иу уый йæ гæрстæ æхсадта, уæдмæ. Анютæ-иу смæсты æмæ æртхъирæн кодта,нанайыл дæ- сардаудзынæн, зæгъгæ. Фæлæ-иу сæхимæ куы æрбаздæхты- сты, уæд-иу нанайæн ницы ской кодта: тæригъæд ын кодта. Æнæуи дæр чысыл мæт нæй нанайы: сывæллæтты ныхсыи æй хъæуы, сæ дарæс сын бампъызтытæ кæнын хъæуы, дон æрбахæссын хъæуы, нæ сæгъ Шимкæйы радуцын хъæуы... Сæумæцъæхæй-иу райдыдта нана йæ куыстытæ кæнын. Райсомæй-иу тæвд картæфтæ стъолыл куы æрæвæрдта, уæд-иу æрæнкъард, сывæллæтты тæригъæдæй йæ зæрдæ рыст. Картоф дæр сын нымадæй куы лæвæрдта, уæд ма дзу- лæн та куыд æххæссыдаид. Сау дзул-иу нана лыстæг ныллыгтæ кодта æмæ сын-иу бон æртæ хатты сæ къухы фæйнæ комдзаджы авæрдта. — Æгæр-мæгуыр уæ саудзулæй бафсадын дæр куы нæ фæразын, уæд ма уын цы кæнон. Бирæйы фаг куынæуал дæн —мæ мæлæты бонтæ куы æрхæццæ кæнынц, уæд цы фæуыдзыстут? Чи уæ дардзæн? —мæт æмæ сагъæсы ба- цыд нана. Йæ сыхаг ус, Санькæйы мадæн дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фæкодта йæ хъæстытæ. — Уæд та сæ приютмæ ратт, — уынаффæ йын кодта сыхаг ус. — Дæ хицау Перевозчиковæн зæгъ, кæд дын уый баххуыс кæнид, сывæллæтты приютмæ цæмæй айсой, уы- мæн. Дæс азы йæм куы фæдæ, йæ сывæллæттæ иууылдæр- дæ къухы куы схъомыл сты, уæд дын нæ баххуыс кæндзæн. Фæлæ нана бонæй-бон æддæдæр æргъæвта хъуыддаг. „Кæд искуыдтæй айрвæзиккам", — хъуыды кодта нана. — Ау, мæ туг, ме ’стæг хъæбулты приютмæ куыд раттонГ Приют ахæстонæй уæлдай куы нæ у! Мады рæвдыд ма 14
уын, афтæмæй тæрсгæ-ризгæйæ цæр, схуыст æмæ рæ- хуыстæй дарддæр мацы зон, — уый цæй цард у. Раст зæгъын хъæуы, хæринаг хъуаг не ’сты, фæлæ ахæм хæринаг дæр цы у! Хи хæдзары кæд æххормæгтæ вæй- йынц, уæддæр цы къæбæр ахæрынц, уый адджынæн. Иу райсом нана сæгъ дуцынмæ рацыд, фæлæ сæгъ иу æртах дæр не ’ркодта. Базæронд Шимкæ, нал бæззыд. Се ’скаст ма уымæ бæргæ уыдис, фæлæ сæ уый дæр фæсайдта. Иу цъыртт дæр сын нал радта æхсыр. Картоф дæр фæцис, æдæппæт ма саем иу гыццыл цуайнаджы æрдæг баззад. Уæдæ дзулы къæбæр цæмæй балхæдæуа, уый дæр нæй; хæдзары иу сау капекк хæснагæн ничи ссардзæн. Æрбахызт нана сарайæ хæдзармæ. Йе ’рбацыдмæ сы- вæллæттæ сыстадысты, сæ гæрстæ скодтой. — Дзул мæ хъæуы, нана, æххормаг мын у, — куыдта сабиты кæстæр Лизæ æмæ нанайы фæдджийыл ныззæбул. „Уæ, мæ фæрстæ уын айхæлой, мæнæ цæмæ æрцыды- стæм, мæнæ, дæ дзыхы цы акæнай, уыйдынмауал уæд",— йæхи хордта нана, æмæ æнæ исты сдзургæйæ йæ гæрстæ кæнынмæ фæци. — Кæдæм цæуыс, нана? Дуканимæ? — скуыдта Лизæ. — Дуканимæ, нанайы чызг, дуканимæ, — загъта нана, йæхæдæг ацыд йæ зæронд хицаумæ, кæд мын баххуыс кæнид сывæллæтты приютмæ айсын кæнынæн, зæгъгæ. Бирæ фенхъæлмæ кастысты сывæллæттæ уыцы бон нанамæ. Æрмæст изæрырдæм æрбацыд уый сæхимæ. Серёжæ йæ размæ фæцис. — Цы балхæдтай, нана? — Ницы, дæ рынтæ бахæрон, — дзуапп радта нана, йæ сæрæй йæ кæлмæрзæн исгæйæ. 15
Нана сенæйæ уазал фых картæфтæ æрбахаста æмæ сын дзы фæйнæ æртæйы радта. Ай уын уæ сихор дæр æмæ уе ’хсæвæр дæр! Уыцы изæр кой дæр не ’скодта нана приюты тыххæй. Хъуыддаг цалынмæ бæлвырд нæма базонон, уæдмæ сæ дзæ- гъæлы цы тæрсын кæнон. Дзуапп куы райсон, уæд уый æндæр хъуыддаг уы- дзæн. Цалдæр хатты ацыд нана хабар базонынмæ. Сывæллæттæ та-иу кулдуармæ нанайы æрбацыдмæ æн- хъæлмæ кастысты, цы сæм кæсы, уый, цыма сæ зæрдæ зыдта, уыйау. Алкæддæр-иу тарæрфыгæй æрбаздæхти нана йæ хи- цауæй, хорзæй-фыдæй-иу дзы ницы фехъуыстаис, фæлæ ацы хатт æрбацыд зæрдæрухсæй, бузныгæй. — Гъеныр нын, мæ хуртæ, æнцондæр уыдзæнис цæ- рын. — Йæхи бандоныл æруагъта нана, сцвæллæттæ та йæ алыварс æрлæууыдысты. — Уе ’ртæйы схæссын мæ бон нæ бауыдзæн, искæйы уæ приютмæ дæттын бахъæудзæн. — Æмæ кæй ратдзынæ приютмæ, нана? — афарста Анютæ. — Серёжæйы. Уый дын Серёжæ айхъуыста, цы, базыр-зыр кодта æгасæй дæр æмæ скуыдта: — Ницæмæн мæ хъæуы мæн приют! Ницæй тыххæй ацæудзынæн æз! Кæд дæттыс, уæд не ’ппæты дæр! — Уе ’ппæты нæ исынц, — загъта нана. — Анютæ æгæр стыр у, Лизæ — æгæр чысыл, дæ азтæ та раст куыд хъæуы, афтæ сты. — Уæ нана, ма мæ ратт приютмæ, — ногæй та скуыд- та Серёжæ æмæ ныттыхст нанайыл. 16
Гыццыл-ма бахъæуа нана йæхæдæг дæр ма скæуа: йæ зæрдæ æрбауынгæг Серёжæйы тæригъæдæй, фæлæ цы ба- кæна, мæгуыр, хуыздæр гæнæн ын нæй. Цæуын æй бахъуыд приютмæ, уæдæ цы уыдаид. П Р И Ю Т Ы Æрбакодта нана Серёжæйы приютмæ. Йæ цъæх пап- лин юбкæйы сыр-сыр цæугæ, сæ размæ рацыди приюты хицау, бæрзонд, къæсхуыр сылгоймаг, йæ фындзырагъыл 2 Сережæ Костриков
кæсæнцæстытæ, сæ сау алдымбыд бос раст астæумæ хæццæ кæны. — Коммæгæс дæ, лæппу?— бафарста хицау. — Коммæгæс у, коммæгæс, — йæ сæр батылдта нана. — Ног лæппу нæм æрбацыд, ног, — чъылдымырдыгæй ныппыррыкк кодта чидæр. Серёжæ фæстæмæ фæкаст. Иу цъæх къабаджын гыццыл чызг йæ даст сæр дуары зыхъхъырæй æрбадардта, йæ сæрмæ дæр ма ноджыдæр иу кæйдæр сæр æрбазынди. Уый дæр даст сæр, тымбыл сау цæстытæ йын. Чызг у æви лæппу, уый зын равзарæн уыдис. — Цу семæ кæрты хъаз, — загъта хицау. Серёжæ кæртмæ рацыд. Уым ыл æрæмбырд сты при- юты сывæллæттæ. — Кæцæй фæдæ, ахæм дынджыр сæрджын? — бафар- ста йæ дастсæр сауцæст лæппу. — Ды та былой! — фæхъыг Серёжæйæн. Уынджы сывæллæттимæ никуы хыл кодта бæргæ, фæ- лæ ныр ам йе ’рбацыдæй йæ хыл фæраздæр. — Æз дæн былой? — бауырдыг Серёжæмæ сауцæст лæп- пу. Æз дын ныртæккæ былой цы у, уый фенын кæндзы- нæн!—йæхæдæг йе ’ставд былтæ сцъупп кодта æмæ Се- рёжæйыл йæхи ныццавта. — Юлия Константиновнæ, Васькæ хыл кæны! — фæ- фæдис сты приюты сывæллæттæ. Приюты хицау фæзындис тыргъты. — Ардæм-ма рацу, лæппу! — тызмæгæй фæдзырдта уый Васькæмæ æмæ йæ кæсæнцæстыты бос адзæбæхтæ кодта. .„Бæтгæ мæ куы бакæной, уæддæр ам нæ фæлæудзы- нæн", — йæхинымæр загъта Серёжæ æмæ уыцы хуызæнæй 18
ныййарц кулдуармæ, фегом æй кодта æмæ уæртæ фæ- лидзы. — Юлия Константиновнæ, Юлия Константиновнæ, ног лæппу фæлидзы! Приюты сывæллæттæ Серёжæйы асырдтой. Æрцах- стой йæ, хъæргæнгæ йæ фæстæмæ æрбаластой æмæ йæ кæрты смидæг кодтой. Серёжæ йæ тых-йæ бонæй йæхи рæмыгъта, фæлæ алидзын йæ бон нæ уыд, — уалæй йыл хæцыдысты! Кул- дуар ассыдтой. Приютæгтæй йæ чидæр та æвдузæнæй ах- гæдта. — Ауадзут мæ, — цыфæнды мын куы фæкæнат, уæд- дæр алидздзынæн! Ауадзут мæ, уын зæгъын! — Нал алидздзынæ!.. Приюты дæ ныр, — загъта Васькæ. — Æз приюты нæ дæн, æз нæхи дæн, зоныс. Мæн нана фæстæмæ нæхимæ акæндзæн, — загъта Серёжæ. — Куыннæ стæй, дæ хъустæ схъил кæн! —худæгæй бакъæцæл Васькæ. Серёжæ кулдуарæй иуварс нæ цыд, йæ каст къæлит- кæмæ скодта. Ныртæккæ дуар байгом уыдзæн, нана æрбацæудзæн æмæ зæгъдзæн: „Серёжæ, мæ къона, цом нæхимæ". Фæлæ дзæгъæлы фыдæнхъæл кодта йæхи Серёжæ — нана никуыцæй зынд. Уалынмæ æризæр æмæ сывæллæтты хæрынмæ акодтой. Нана зынæг нæ фæци. „Абон, æвæццæгæн, гæрстæ æхсы, фæлæ райсом ра- джы æнæ æрбацæугæ нæ фæуыдзæн", — йæхицæн зæрдæтæ æвæрдта Серёжæ. Фæлæ нана райсомы дæр не ’рбазынд, не ’рбацыд æртыккаг бон дæр, цыппæрæм бон дæр! Гыццылгай-гыццылгай Серёжæ фæцахуыр приюты. Æр- 19
мæст иу хъуыддагыл ницы хуызы ахуыр кодта Серёжæ: кæрæдзи кæй нæ уарзтой, æппын ницæйы тыххæй дæр хылтæ кæй кодтой, ууыл. — Юлия Константиновнæ, уæртæ уый хыл кæны! — Юлия Константиновнæ, мæнæ чиныг æнæ бафæрс- гæйæ райста. — Юлия Константиновнæ!..—Æндæр ницы фехъуыстаис бонсауизæрмæ кæрты дæр æмæ хæдзары дæр. Æстæм бон сихор хæргæйæ Серёжæйыл æрцыдис иу хабар. Приюты сывæллæттæ хæринаг хордтой дурын къусты,— алы къусæй дæр фондзæй. Уыцы. бон сихоры хæрдæн лæ- вæрдтой кæсаджы бас къабускаимæ, стæй еууы кас. Серё- жæ уыдис дежурнæ. Бас цымд куы фесты, уæд Серёжæ ацыдис кас исынмæ. Хæринаггæнæг Дарья йын йæ къус йæ тæккæ былтæм бакодта. Йæ дыууæ къухæй къусыл хæцгæйæ, Серёжæ сабыргай, хъавгæ æрбацæйцыд. Сывæл- лæттæ, касмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, стъолыл æмдзæгъд код- той хъæдын уидгуытæй. Стъолмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ, дын, иуварсырдыгæй бурдзалыг Пашкæ куы фæзи- лид æмæ йæ куы скъуырид. Къус Серёжæйы къухæй æрхауд æмæ — дæ балгъитæг афтæ — базгъæлæнтæ, кас зæххы хай бацис. Лæппутæ стъолы уæлхъусæй фæгæп- иытæ кодтой æмæ Серёжæйы алыварс амбырд сты. Загъд æм кодтой, алывыд ын калдтой: — Хæлиудзых! Къухтæ дыл нæй, къухтæ! Хъæрмæ разгъордта Юлия Константиновнæ: — Цы хабар у? Цæуыл хъæр кæнут? — Мæнæ ног лæппу къус асаста, — загъта приюты сы- вæллæттæй иу. — У-у, æнæкъух! —смæсты Юлия Константиновнæ.— 20
Ды мын афтæмæй къус къусæн куынæуал ныууадздзынæ. Фæсхæрд дæ зонгуытыл слæудзынæ! Уæд ацы хатт хæлиу- дзых æмæ æнарæхст нал уыдзынæ. Сихоры хæрды фæстæ сывæллæттæ куы ахæлиу сты, уæд Серёжæ йæ зонгуытыл æрлæууыд хæрæндоны астæу. Йæ размæ бацыд былой Васькæ. — Пашкæ мæ бакъуырдта, зæгъгæ, цæуылнæ загътай Юлия Константиновнæйæн? Уый йын хорз фæуыдаид! — Æмæ исты барæй уыд! Фидар ыл куы хæцыдаин, уæд не ’рхаудтаид æмæ нæ асастаид. — Уæдæ къах дæ роны, лæуу йæ бæсты! — Худæгæй мæлгæ уатæй разгъордта Васькæ. Иу-дæс минуты фæстæ хæрæндонмæ къæмдзæстыгæй бацыд Пашкæ æмæ хъыпп-сыпп не ’скодта, афтæмæй йæ зонгуытыл æрлæууыд Серёжæйы фарсмæ. — Дæу та цы гуыбынниз тилы?—бафарста йæ Серё- жæ.— Юлия Константиновнæ дæ бафхæрдта? — Нæ, æз мæхæдæг... мæн дæр дæ фарсмæ лæууын фæнды, — загъта Пашкæ. ЛЁШКÆ ÆМÆ ВАСЬКÆ Серёжæ цы приютмæ бахауд, уый хуынди „Сидзæр са- биты хæдзар". Приютæн йæхицæн скъола нæ уыдис, æмæ сывæллæт- тæ ахуыр кодтой горæты сывæллæттимæ иумæ приходы скъолайы Воскресенскы уынджы. Серёжæимæ иу къласы ахуыр кодта горæтаг лæппу Лёшкæ, къупецаг Шамовы сæйраг приказчикы фырт. Лёшкæ йæхи хуыдта атаман, йæ дыууæ хæлары та — абырджытæ. 21
Скъоладзаутæ нал фæрæзтой фыдуаг Лёшкæ æмæ йæ „абырджытæй", скаст никæйы уагътой. Бынтрн мæгуыры бон та-иу уыди приютæгтыл. Переменæты-иу сæм „атаман" æмæ „абырджытæ" цæугæ-цæуын сæ къæхтæ фæцарæзтой, æлхысчъытæ сæ кодтой, ивæзтой сын сæ хъустæ. Уынгты цæугæйæ сæ-иу Лёшкæ мæстæймарын райдыдта, йæ дзых цы карста, уымæй хъæр кодта: — Приютаг сыст, кæдæм лæсыс?! — Ма йæ ауадз! Хæц ыл! —хъæр кодтой „абырджы- тæ" æмæ приютæгтæм лæбурдтой. Мæгуыры бон-иу акодта, приютæгтæй кæй æрцахстой, уыдоныл! Хорз сæ-иу снадтой, миты-иу сæ сбæгъдулæг код- той, стæй сын-иу сæ хызынтæ æд чингуытæ искæйы кæрт- мæ баппæрстой. Иухатт урокты фæстæ „атаман" æмæ йæ „абырджы- тæ" æрцахстой Серёжæйы дыууæ приютаг лæппуимæ. Прию- тæгтæ лидзынмæ фесты æмæ сæ сæртæ бафснайдтой. Се- рёжæ зыбыты иунæгæй баззадис уынджы астæу. Лёшкæ йæм бауад æмæ йын йæ худ ныкъкъуырдта. — Дзæбæх ма йæм дзы ратт, дзæбæх! — хъæр кодтой Лёшкæйы æмбæлттæ, сæхæдæг-иу Серёжæйы худ къахæй ныкъкъуырдтой. Серёжæ йæ худы мæт нæ кодта. Йæ мид- бынаты æнцад лæууыд, æмæ йе ’стыр цыбыр æлвыд сæр æркъулгæнгæйæ, тыхулæфт кодта. Лёшкæ къух дард фæ- хаста æмæ йын тымбыл къухæй йæ риуæн иу радта. Се- рёжæ фæстæмæ иу санчъех ракодта, стæй та размæ æмæ йæхи фæгуыбыр кодта. — Хатыр дзы куры! — схор-хор кодтой „абыр- джытæ". Фæлæ уыцы сахат Серёжæ йæ сæрæй Лёшкæйы гуы- бын уыцы иу фæртт скодта. 22
— Æллæх! — фæхъæр кодта Лёшкæ æмæ уæлгоммæ ахауд, фæлæ йæ Серёжæ уæгъд не ’суагъта, йæ быны йæ сæфсæрста æмæ — нæмыс ма нал. Лёшкæ йæхи тыдта, фæлæ йæ Серёжæ змæлын дæр нæ уагъта. >— Суадз мæ! — йæ тых-йæ бонæй хъæр кодта Лёшкæ æмæ йæ къæхтæ тылдта. — Хыл ма кæндзынæ? — Суадз мæ! — Кæндзынæ ма? — Су-у-уадз мæ дын зæгъын! Хъусыс! Мæ „абырджытæ" цы фесты, зæгъгæ, Лёшкæ йæ цæст ахаста йæ алыварс. „Абырджытæ" та быруйы рæбын лæу- уыдысты æмæ фырдисæй хæлиудзыхæй баззадысты. — Зæгъ, хыл ма кæндзынæ? Кæндзынæ ма?—иу ран æй нал уагъта Серёжæ. — Нал кæндзынæн, — æппынфæстаг загъта Лёшкæ. — Ацы хатт ма-иу бавнал, стæй дын уæд æз лæг фе- нын кæндзынæн, — загъта Серёжæ æмæ сыстад. Сабыргай мит æрцагъта йæ палто æмæ йæ валинкæтæй æмæ йæ алы- варс афæлгæсыд. Уынджы иннæ кæронæй æрбацæйзгъордтой приютæг- тæ. Уыдон тигъæй кастысты æмæ æппæт дæр федтой. Иу дзы Серёжæйы худ систа зæххæй, йæ мит ын ацагъта æмæ йæ Серёжæмæ балæвæрдга. Лæппутæ, Серёжæйы къухтыл хæцгæйæ, ацыдысты приютмæ. Лёшкæ та быруйы раз лæууыд æмæ йæ „абырджыти- мæ" загъд кодта. — Йæ быны мæ куы скодта, уæд уыл цæстытæ нæ уыд, цæмæ кастыстут? — хъæр кодта Лёшкæ, йæхæдæг йæ къухтæ стымбыл кодта фырмæстæй. 23
— Махæй афтæ ма йын ды иунæгæй дæр лæг цы у, уый фенын кæндзынæ. Уылынджыйас йедтæмæ куы нæ у. — Уылынджыйас йедтæмæ нæу, фæлæ йæм хъару би- рæ ис, — схъуым-хъуым кодта Лёшæ. Уыцы изæр Серёжæйы кой йедтæмæ ницыуал уыдис приюты. — Костриков ын лæг цы у, уый фенын кодта, кæд æй зона, уæд. Куы. йын-иу ныуудæста... Куы-иу æй ныф- фæртт ласта!.. — æз раздæр фæуонæй дзырдтой приютæгтæ. — Ныр сын мах бацамондзыстæм, фæлæуу! — худæгæй мардысты æмæ цин кодтой сывæллæттæ. Æрмæст Васькæ Новогодов тарæрфыгæй каст. Æмæ куыннæ кæса, цалынмæ уыцы Костриков приютмæ нæма æрбацыд, уæдмæ дзы сахъдзинадæй уымæн, Васькæйæн, æмбал нæ уыд, иууылдæр æй хуыдтой æппæты тыхджын- дæр æмæ ныфсджындæр лæппу. Ныр та? Дыккаг бынаты хъуамæ уа? Ницы хуызы! Васькæ уыцы ног лæппуйæн иу хъуыд- даджы дæр ком никуы ратдзæн! Фæлæ йæ ком раттын, састы бынаты баззайын бахъуыд. Дыккаг бон, хуыцаубоны, приюты сывæллæттæ ацыдысты митæй хъазынмæ æмæ къуыбырæй бырынмæ. Приюты къуыбыр ницæйаг уыд, бæрзонд нæуыдис, стæй кæрты мидæг. Гъе ныр дзæбæх стырындз дæ, зæгъгæ, афтæ дæ тъæпп быруйыл фæцæудзæн æмæ дæ мидбынаты дзыхъ- лæуд ныккæндзынæ. Дзоныгъæй бырынæн, приюты быруйы æдде доны был цы къуыбыр уыд, уымæй дзы хуыздæр ссарæн бæргæ нæ уыд, — бæрзонд, цъенгæл, фæлæ йыл хъазæн нæ уыд. Вась- кæ йæ йæхицæн бакъаддæр кодта æмæ йæм хæстæг ни- кæйы уагъта. 24
— Ай мæн у, Васькæйы къуыбыр у! — хъæр кодта Васькæ тымбыл къухæй æртхъирæнгæнгæйæ. Васькæимæ дзурæн кæй нæй, уый сывæллæттæ хорз зыдтой. Хорз фæнæмынæй фæстæмæ ма дыл дæндагæй дæр нæ бацауæрддзæн. Иухатт Пашкæйы хъусыл дæндагæй фæхæцыд, уый йын ивддзагæй хæрæндоны йæ уидыг куы райста, уæд. Нæ, уыимæ дзурын пайда нæу! Æмæ йæ ныхъхъуытты уагътой—сæхи къуыбырыл хъазыдысты. Афтæ та уыдис ацы хуыцаубоны дæр. Васькæ хъазыд йæ къуыбырыл, æхситт æмæ хъæргæн- гæ сыффытт кодта бынмæ бæрзонд ихастæрд былгæронæй. Приютæгтæ æртæйæ æддæдæр лæууыдысты æмæ йæм хæ- лæгæй мардысты. Эхх, ныр Васькæйы къуыбырæй иу бырд’æркæ! Раст уый хуызæн ердженыл сбад, дæ зæнгтæ ныххæбæцц кæн æмæ дæхи бынмæ раскъæр, суанг Уржумкæйы астæу куыд балæууай, афтæ! Уалынджы, дын, къуыбыры размæ Серёжæйы дæр хуы- цау куы æрбахæссид. Васькæ нырма ныртæккæ æруагъта йæхи бынмæ æмæ уым йæ миттæ цагътл. Серёжæ иу минуты бæрц алæууыд къуыбырыл, стæй са- быргай йæ ерджен æрытыдта. Приютæгтæм та цæй дзоныгъ уыд! — Макæ, Васькæ дæ фæнæмдзæн! —æмхуызонæй схор-хор кодтой сывæллæттæ. Фæлæ сæм Серёжæ нæ бай- хъуыста, æмæ дæлæ фескъæры бынмæ их былгæронæй, йæ фæстæ миты къуыбылæйттæ систа, афтæмæй. — Фæтæхы, фæтæхы! — хъæр æмæ гæппытæ кодта приюты чызджытæй иу— Зинкæ. 25
Доны был Серёжæ æмæ Васькæйы æхсæн цы æрцыди, уый ничи базыдта, æрмæст Васькæ доны былæй сызгъорд- та мæсты æмæ сырх-сырхидæй. Йæ дæлармæй зындис ерджены гæбаз тымбыл тыхтæй. Фæстæмæ фæкæс-фæкæс- гæнгæ згъордта æмæ кæмæдæр додой кодта тымбылкъухæй. Кæртмæ базгъордта æмæ, кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыд æмæ йæ саргъы надта, зæгъгæ, уыйау йæ тых-йæ 26
’бонæй селедкæйы зæронд боцкъайыл йæ къæхтæй ралæууыд. Стæй йæ ерджен фехста зæхмæ æмæ ныббогъ-богъ кодта. Дыккаг бон Васькæйы къуыбырмæ Серёжæимæ иумæ æрбацыдысты приюты лæппутæ дæр. — Гъе ныр хорз фæбырдзыстæм, гъе! —худæгæй мар- дис Пашкæ. Лæппутæ сæ ерджены гæбæзтыл сбадтысты æмæ бын- мæ зыгъгъуытт кодтой иу иннæйы фæстæ. — Уæ’цæстытæ тынгдæр бацъынд кæнут —мит былтæ дæвы!—хъæр кодта Серёжæ. Изæрырдæм къуыбырмæ æд ерджен æрбацыд Васькæ Новогодов дæр. — Вась, ардæм рацу, махимæ хъаз,— фæдзырдта йæм Серёжæ. — Айс дæхи! — схъуым-хъуым кодта Васькæ æмæ йæ валинкæйы фындзæй мит къахыныл фæци. Фæлæ йæм тагъд хардзау æркаст афтæ лæууын æмæ, иннæтæ куыд хъазынц, уымæ кæсын. Йæ ерджен байтыдта сæ фарсмæ æмæ йæ худ йæ хъустыл æруагъта. — Васькæ фæтæхы! —ныхъхъæр кодта Васькæ æмæ къуыбырæй йæхи бынмæ раскъæрдта. ЗЫН КÆНÆН ХЫНЦИНАГ Серёжæйы радтой Уржумы горæты цыппаркъласон скъоламæ. Ахуыр кодта иттæг хорз. Ахуыргæнинæгтæй хорз чи ахуыр кодта, уыдон-иу æнæрвæссон цæстæй ка- стысты иннæтæм, сæхи иуварс ластой лæмæгъдæртæй æмæ сæхицæй æппæлыдысты: „Æз мæнæ хуымæтæджы ахуыр- гæнинæгтæй нæ дæн, æз раззаг дæн!" Серёжæ уыцы хип- 27
пæлойтæй нæ уыд. „Костриков, мæнæ ма мын ацы хынци- наг бацамон", зæгъгæ, ахæм лæгъстæтæм æнхъæлмæ кæ- сын нæ уарзта. Арæх-иу йæхæдæг фæраздæр йе ’мбæлттæм: „Дæ сæр цæуыл æруагътай? Цы кæныс?" — æмæ йын-иу бамбарын кодта, цы не ’мбæрста, уый. — Ныр æй бамбæрстай?—фарста-иу Серёжæ. — Чысылтæ *йæ бамбæрстон!—загъта-иу йе ’мбал. — Уæдæ ма ноджыдæр иу хатт байхъус! Дыууæ, æртæ хатты-иу бацамыдта Серёжæ.- — Бамбæрстон æй, бамбæрстон! — зæгъгæ-иу æппын- фæстаг хъæр кæнын райдыдта ахуыргæнинаг æмæ-иу йæ~ хæдæг хынцинаг скодта æнæ Серёжæйы æххуысæй. Сывæллæттæм диссагау каст Серёжæйы зæрдæргъæвд- дзинад æмæ йæм хæлæг кодтой. — Цы амондджын дæ! — дзырдтой ахуыргæнинæгтæ. — Ды алцыдæр уайтагъд акæныс, æнцонæй! Фæлæ уый бынтон афтæ нæ уыд: хатгай-иу Серёжæйæн дæр зын уыдис, алцыдæр уайтагъд не ’фтыдис йæ къухы. Иухатт кодта иу чысыл хынцинаг. Хынцинаг уыд иу къу- пецаджы тыххæй. Къупецаг уæй кодта йæ товартæ. Йæ дуканийы уыдис фынддæс адлийы джиппæйфыст хъуымац, дæс адлийы сатин, фондз адлийы батист. Æрбацыдысты йæм æлхæнджытæ. Фыццагæн ауæй кодта фондз адлийы джиппæйфыст, фондз адлийы сатин æмæ иу адли батист. Дыккагæн — æртæ адлийы джиппæйфыст, æртæ адлийы са- тин, æмæ иу адли батист. Æртыккаг æлхæнæгæн та — дыууæ адлийы джиппæйфыст æмæ дыууæ адлийы сатин. Цас ма баззадис æдæппæт къупецаджы дуканийы хъуымац?— дзуапп агуырдта хынцинаг. „Ай цы акæнын хъæуы", — загъта Серёжæ йæхинымæ- ры æмæ райдыдта хынцын. 28
— Фынддæс, дæс æмæ ноджыдæр фондз — уыдзысты æртын адлийы. Уыйбæрц уыдис хъуымац къупецагмæ. Фондз æмæ фондз... — Ныууадз, Костриков, ницы дын дзы рауайдзæн. Уый фæстæ йæ бахынцдзыстæм! —схор-хор кодтой приютæгтæ æмæ уынгмæ хъазынмæ азгъордтой. — Уæдæ-ма ма рауайæд! Фондз æмæ фондз, стæй ма ноджыдæр иу —уыдзæн иуæндæс. Уыйбæрц ауæй кодта къупецаг фыццаг æлхæнæгæн. „Æртæ æмæ æртæ, стæй иу — уыдзысты авд, — уый та ауæй кодта дыккагæн; стæй ма æртыккагæн дæр ауæй код- та батист, сатин, джиппæйфыст. Æдæппæт хъуымац ауæй кодта къупецаг дыууын æртæ адлийы. Хъуамæ ма йæм баззайа авд адлийы". Серёжæ дзуапп ссардта чиныджы, æмæ уым та *фыст уыдис аст адлийы. — Гъе уый хъуыддаг у, гъе! Æмæ уæд иннæ адли та цымæ, цы фæцис? Хæйрæг æй йæхимæ фæхаста?! Ногæй та райдыдта хынцын: — Æртæ æмæ æртæ, стæй иу... — Серёжæ рац ардæм, махимæ хъаз! — кæртæй йæм æрбадзырдта Пашкæ. — Куынæ мæ хъыгдарис!.. Æртæ æмæ æртæ, стæй иу... Кæддæра Васькæ Новогодов Пашкæйы баййафид? Куыд фæтæхынц, цæст сыл нæ хæцы. Æмæ уæдæ, цы дæлдзæх æрбаци уыцы адли? Дзыхъхъынногæй та нымайын райдыдта Серёжæ. Нымадта, нымадта, фæлæ та йын-иу фæстæмæ авд адлийы рауад. Дзуапмæ гæсгæ та хъуамæ рауайа аст. Смæсты Серёжæ хынцинагмæ, тымбыл къухæй йæ тет- рад нытътъæпп кодта. 29
— Дæлæ кæнай-уæлæ кæнай, уæддæр дæ æнæ скæнгæ нæ ныууадздзынæн, мæнæ хынцинаг! „Цымæ хуыздæр нæ уаид, къупецаг сатин, батист æмæ джиппæйфыст хъуымац æдæппæт цас ауæй кодта, уый ба- зонын? Æнæ бавзаргæ мын æй нæй! Цæй, æмæ та ногæй райдайон. Фыццагæн сатин ауæй кодта 5 адлийы, дыккагæн — æртæ адлийы, æртыккагæн — дыууæ. Æдæппæт къупецаг сатин ауæй кодта 10 адлийы. Æмæ уæд батист та цас ауæй кодта, цымæ? Фыцца- гæн иу адли, дыккагæн дæр иу, æртыккагæн... О, хæдæгай, æмæ æртыккагæн батист æппындæр куы нæ ауæй кодта! Гъе уый дын æдылы, гъе, куыд нæ йæ æрхъуыды код- тон раздæр!"— бахудтис Серёжæ. „Уæддæр æй хорз ссардтон, уыцы адлийы". Серёжæ хынцинаг дзыхъхъынногæй рафыста æмæ йын йæ дзуапп бæлвырд ныффыста: „Аст адлийы". „Раст у гъеныр!" Тетрад æмæ чиныг йæ хызыны авæрдта, йæ хæдон адзæбæхтæ кодта æмæ азгъордта кæртмæ лæппутæм. Куысты фæстæ ахъазын дæр æмбæлы! ЧЫРЫНЫЛ ЦÆРÆГ Хорз ахуыр кодта Серёжæ Уржумы скъолайы. Афтæ хорз ахуыр кодта, афтæ, æмæ ахуыргæнджытæ сразы код- той Уржумы къупецæгты, Серёжæйы дарддæр ахуыр кæ- нынмæ цæмæй арвыстаиккой, ууыл. Æмæ Серёжæ араст Хъазанмæ. Хъазаны промышленнон скъола уыдис горæтæн йæ иу кæрон, Серёжæ та цардис йæ иннæ кæрон. Цалынмæ скъо- 30
ламæ хæццæ кæнай, уæдмæ дæ хид дæ къæхты бынæй акæлдзæн! Ахуыртæ-иу скъолайы райдыдтой раст аст сахатыл рай- сомæй. Серёжæ-иу раджы сыстадис, хæдзары ма-иу иууыл- дæр хуыссыдысты, афтæ. Цардис иу æхсинмæ, талынгго- мау къуымы, чырыны сæрыл. Чырын цыбыр уыд æмæ йыл къæхтæ фаг адаргъгæнæн дæр нæ уыд,хуыссын ыл хъуыд тымбылæй. Серёжæ-иу фестад райсомæй æхсæз сахатыл æмæ-иу бæгъæввадæй рацыд уатæй хæдзармæ йæхи æхсынмæ. Ма- кæйы райхъал кæнон, зæгъгæ-иу йæ цырыхъхъытæ дæр не ’скодта. Йæ цырыхъхъытæ æгæр уæззау æмæ хъæбæр уыдысты. Рацу-бацугæнгæйæ-иу бæстæ гыбар-гыбур скод- та. Æмæ-иу уæд хæринаггæнæг Матренæ хъазгæйæ афтæ: — Раст цæфхадджын бæхы цыд кæныс, лæппу. Серёжæйы скъоламæ цæуьда афон-иу æддейы сæх-сæхæй куы уарыд, дымгæ цæф сырдау куы ниудта, уæд-иу къу- харкæ Серёжæйæн тæригъæд байдыдта: — Дæхи та балцмæ куы арæвдз кодтай, пърафесыр... иу агуывзæ цай уæддæр ацым — мæ самавар цæстыфæ- ныкъуылдмæ цæттæ уыдзæн! Фæлæ Серёжæйы цай цымынтæм не ’вдæлд: тагъд код- та скъоламæ, нæ уарзта æрæджытæ кæнын, дзæнгæрæг ныц- цæгъдыны хæд размæ талф-тулфæй скъолайы балæууы- нæй æнаддæр ын ницы уыд. Тынг бирæ уарзта Серёжæнывтææмæ хахнывтæ кæнын, хынцинæгтæ кæнын, картæйыл горæттæ, кæлгæдæттæ æмæ уыдонæн сæ къабæзтæ агурын. Изæрæй-иу æй, мæгуыр, бæргæ фæндыди, йæ уроктæ кæнынмæ тагъддæр куы бавналид, уый, фæлæ-иу цалынмæ къухаркæ стъол суæгъд кодта, къустæ æмæ тæбæгътæ 31
цæхсадта æмæ бафснайдта, уæдмæ-иу æй æнхъæлмæ кæсын хъуыд. Ам, мæнæ ацы хæринаггæнæн къуызыртæ стъолыл- иу кодта Серёжæ йæ хахнывтæ. Зæронд Матренæ дæр-иу цыма барæй кодта, уыйау схæц-æрхæцгæнгæ, сабыргай куыста. Серёжæйæн-иу йæ бон нал уыд æнхъæлмæ кæсын, æмæ-иу уæд кæрдтæ æмæ вил- кæтæм февнæлдта æмæ сæ сæрфын райдыдта. Серёжæ аф- тæ рæвдз æмæ цырд æвнæлдта, æмæ йыл цæст нæ хæцыд. Хæринаггæнæджы ма-иу тас дæр бацыд. — Лæппу, хъахъхъæ, дæ хорзæхæй, уидгуыты хъæд- тæ ма ныссæтт. Хицауы мулк сты. Уый фæстæ-иу Серёжæ стъол хæрзсæрфт ракодта, йæ тетрад сойы хъæстæ куыд нæ фæуа, афтæ йыл-иу гæх- хæтт æрытыдта, кънопкæтæй йæ ныффидар кодта, циркул райста æмæ хахныв кæнын райдыдта. Æхсинæн алы изæр дæр уырдæм æнæ æрбауай^æ хос нæ уыд. Матрёнæ йæ хуыдта „Емынæ". Иу къуым, иу къæраз-иу æнæбасгаргæ нал ныууагъта: бакаст-иу скъап- мæ, духовкæмæ, суанг сынтæджы бынмæ дæр. — Дæ цугун чъизи, духовкæйы къæбæры муртæ, сын- тæджы бын рыг,— зæгъгæ-иу йæ хъуын ацагъта Матрё- нæйæн. Уæвгæ та-иу алцыдæруыдис нывыл хæрзæфснайд, фæлæ гъе афтæ загъдкъахæн кодта, хорз æм касти иудадзыг хъуыр-хъуыр кæнын, æнæ уымæй йын цард ад дæр нæ кодта. Матрёнæйыл-иу хорз абырыдис, стæй та-иу Серёжæ- мæ фæци. — Ма нæ басудз. Лампæ афтæ бæрзонд цæмæн ссыд? Æмæ-иу чысыл цырагъ афтæ ныллæг æрзылдта, æмæ-иу Серёжæйæн кусæн дæр нал уыд. — Тæригъæд дын кæй кæнын æмæ дæ уый сæраппонд 32
кæй хæссын, уый дæ рох ма уæд, æмæ мæ бузныг у! Къу- пецæгтæ мын мæ къуымæн ницæйаг капеччытæ йедтæмæ ницы фидынц, — загъд кодта æхсин Серёжæимæ. Серёжæ-иу, мæгуыр, хъыпп-сыпп дæр не ’скодта, æн- цад-иу лæууыд æмæ хъуыста. Æмæ йæ бон цы уыд, Уржумы хъæздыг къупецæгтæ йын афтæ чысыл кæй фыстой, уымæн? Уржумæй Хъазан- мæ йæ куы æрвыстой, уæд ын уыдон дæр æхсинæй къад- дæр уайдзæфтæ нæ фæкодтой. — Мах хæларзæрдæ адæм стæм, нæхи хардзæй дæ ахуыр кæндзыстæм. Дæу тыххæй нæ æхца фидын хъæу- дзæн. Ахуыргæнæггаг. Фатеры мыздæн. Уæлæйы дарæ- сæн. Гуыбыны мыздæн. Хъуамæ зæрдиагæй ахуыр кæнай, хъусыс! Фæлæ Серёжæ æнæ уыдоны амындæй дæр хорз ахуыр кæны. Йе ’ргом тынг аздæхта ахуырмæ. Скъолайы цыппар мæйы куы сахуыр кодта, уæд ын уый фæстæ радтой йæ хорз ахуыры тыххæй раппæлды гæх- хæтт. Гæххæттыл сызгъæрин дамгъæтæй фыст уыд: „Ахуыр- гæнинаг Костриков Серёжæйæн йæ иттæг хорз ахуыр æмæ йэе хæрзæгъдаудзинады тыххæй". Уый тыххæй Серёжæ æвæстиатæй фехъусын кодта Уржумы къупецæгтæн. Рæс- тæй мын цæмæн уайдзæфтæ кæной, зæгъгæ. Фæлæ йæ пис- мойæн дзуапп нæ райста. Уымæй иу-æхсæз боны фæстæдæр, фæсахуыр, Серё- жæмæ бацыд скъолайы æгъдаумæгæсæг æмæ йын загъта: — Костриков, инспектор дæм сиды. Серёжæ бацыд инспектормæ. — Ардыгæй мæйы дыууадæсæм бонмæ ахуыргæнæггаг куы нæ бафидай, уæд дæ скъолайæ ацух кæндзыстæм. 3 Сережæ Костриков 33
— Æмæ мæ бæсты Уржумы къупецæгтæ куы фидынц æхца,— загъта Серёжæ. — Куыд сæ бафæнды, афтæ кæнынц: куы фидынц, куы нæ, — загъта инспектор. — Мæнæ писмо æрбарвыстой, нал фидæм, зæгъгæ. Серёжæ сæргуыбырæй рацыд директоры уатæй, иу- дзæвгар алæууыд къæлидоры, стæй сабыргай ацыд къласмæ. Æнкъард æмæ хъуыдытæгæнгæ цыд- скъолайæ сæхимæ. Ау, æмæ цæмæ гæсгæ нал фидынц? Ахуыр хорз куы кæны! Дыккаг бæллæх та йæм æнхъæлмæ каст йæ фысымтæм. Кæддæриддæрау ацы изæр дæр йæ уроктæ кæнынмæ бав- нæлдта Серёжæ. Стъолы уæлхъус æрбадон куыд загъта, афтæ дуар байгом æмæ æрбазынд æхсин. Уымæй афтæ ма, иннæ æхсæвты хуызæн, раздæр йæ пырх акалдзæн Матрё- нæйыл, стæй та уымæ фæуыдзæн, фæлæ æхсин афтæ нæ бакодта, æмраст бацыд стъолы размæ æмæ загъта: — Ахуыссын кæ цырагъ, фæтæген дзæгъæл сыгъд ма кæн. — Мæ уроктæ мæ ахуыр кæнын хъæуы, — загъта Серёжæ. — Уый мæ хъуыддаг нæу! —дзуапп радта æхсин. Йæхæдæг цырагъ афу кодта æмæ ацыд. Бады. Серёжæ талынг хæдзары — иу сыбыртт дæр ни- куыцæй цæуы, æрмæст талынджы хихсæнæй тасмæ ’ дон цъыкк-цъыкк кæны. „Афонмæ æхсин схуыссыд, — загъта Серёжæ. — Цæй, цырагъ ссудзон æмæ мæ хахныв кæнон". Серёжæ лампæ ссыгъта æмæ куыддæр кърандас æмæ линейкæ йæ къухтæм райста, афтæ хæдзары дуар фегом æмæ æхсин æрбасæррæтт ласта. 34
— Дæхицæн æндæр фатер ссар, — дæу лæвар хæссын мæ бон нæу. Къупецæгтæ писмо æрбарвыстой. Нал дын фидынц æхца. Æхсин афтæ хъæр кодта, йæ къухтæ афтæ тынг тылд- та, æмæ, чысыл ма бахъæуа, цырагъ стъолæй ма раппара. Æхсин бирæ фæзагъд кодта, стæй цырагъ ахуыссын кодта æмæ хуыссынмæ ацыд. Серёжæ йæ къухтæ йæ сæр- мæ сбыцæу кодта æмæ афтæ æнæхъæн сахат фæбадт та- лынджы. „Ныр ма куыд цæрдзынæн? — хъуыды кодта Се- рёжæ. — Фатерæй мæ тæрынц; скъолайæ мæ тæрынц; ме ’намондæн мæ цырыхъхъытæ дæр ныппырх сты, райсом сихор цæмæй бахæрон, уый нæй, мæ урок дæр конд нæу. Цæй, мæ хахныв райсом урокты райдианмæ скæндзы- нæн", — сфæнд кодта Серёжæ: Æхсæв-бонмæ цъынд нæ бакодта Серёжæ. Фынæйы мæт ма йæ уыд! Куыддæр бон цъæхтæ кæнын байдыдта, афтæ чертежгæнæн фæйнæг йæ дæлармы акодта, гæххæтт райста, йæ чингуытæ рамбырд кодта æмæ цыппæрвадыгæй скъоламæ ныййарц и. Фезгъоры Серёжæ горæты уынгты, уазал дымгæ цæс- гом судзы, йæ скъуыдтæ цырыхъхъ донæй байдзаг æмæ лæпп-лæпп кæны. Скъоламæ бахæццæ. Кулдуарыл бахæцыд æмæ æхгæд разынд. Бацæуæн никæуылты ис. — Афтæ у уæдæ! — загъта Серёжæ æмæ сисы сæрты багæпп кодта. Фæцæуы кæртытыл, бакасти къухнæйырдæм; дуары зыхъхъырæй йæм фæзынд, зæронд сторож йæ мун- дир куыд сыгъдæг кодта, уый. Серёжæ иучысыл банхъæлмæ каст, стæй йæм куыддæр сторож йæ чъылдым раздæхта, афтæ уыцы иу сыффытт ба- ласта скъоламæ. Талынг къæлидорыл йæ къахфындзтыл базгъордта къласмæ, раласта йæ хуылыдз цинел, партæ 35
36
рудзынгмæ хæстæг баласта, сæвæрдта йыл фæйнæг æмæ райдыдта хахныв кæнын. Зын архайæн у Серёжæйæн. Кълас талынг, фæйнæг пар- тæйыл фæбыр-фæбыр кæны. Фæлæ йын уæддæр йæ урок æнæ скæнгæ нæй. Æмæ йæ кæнгæ дæр скодта. Æддейы бынтондæр æрбарухс. Серёжæмæ тынг æрцыд фынæй кæнын, дысон-бонмæ цъынд дæр нæ бакодта. Йæ сæр партæйыл æрæвæрдта æмæ афынæй. — Афтæ раджы дæ цы хуыцау æрбахаста скъоламæ? — сдзырдта чидæр Серёжæмæ æмæ йын йæ къурткæ раивæзта. Серёжæ ракаст. Йæ разы лæууыдысты сæ къласы лæп- путæ Митя Асеев æмæ Вася Яковлев. — Æхсин мæ тæргæ кæны йæ хæдзарæй, — загъта Се- рёжæ. — Инспектор та мæ скъолайæ сурынвæнд кæны. — Ма мæт кæн, мах дын Васькæимæ баххуыс кæн- дзыстæм. Махмæ рацу. Нæ уат чысыл у, фæлæ дзы исты хуызы бынат ссардзыстæм. Пъолыл хуысдзыстæм. — Ахуыргæнæггаг фидыны тыххæй дæр кæд исты æрхъуыды кæниккам. Ды хорз ахуыр кæныс: къазнайы хар- дзæй дæ ахуыр кæндзысты, — загъта Вася. Серёжæйы зæрдæ барухс. — Стыр бузныг! Хорз æмгæрттæ дын куы уа, уæд æнцон цæрæн у дунейыл, сæфын дæ нæ бауадздзысты. КЪАРЦЕР Серёжæйы тынг фæндыдис Горькийы чиныг „Царды раз" бакæсын. Уый уыд революцион чиныг æмæ тынг зын ссарæн. 37
Уалынджы дын ын йæ зонгæ студент, Фёдор Ивано- вич, сусæгæй куы зæгъид: — Цы чиныг агуырдтай, уый дын æз ссардтон! — Ссардтон зæгъыс?! Æмæ уæдæ кæм ис? — Абон-иу изæры театрмæ æрбацу æмæ дын æй рат- дзынæн. — Театрмæ? —бадис кодта Серёжæ. — О. Уырдæм дын æрбахæсдзæн уыцы чиныг иу æмбал. Æмæ Фёдор Иванович йæ тужуркæйы дзыппæй æртæ билеты систа æмæ сæ Серёжæмæ радта. — Дæ бон у де ’мбæлтты ракæнын дæр. Æрмæст сын чиныджы тыххæй сым дæр ма скæнай! — Цытæ дзурыс!.. Хъыпп-сыпп дæр не ’скæндзы- нæн, — загъта Серёжæ æмæ азгъордта йе ’мбæлтты Митя æмæ Васяйы театрмæ хонынмæ. — Ура! Театрмæ цæуæм!—фырцинæй ныхъхъæр код- та Митя æмæ йæ худ хæрдмæ фехста. — Æмæ цæугæ та куыд акæндзыстæм, цæугæ? Уыр- дæм бацæуыны бар нын куы нæ ис, — загъта Вася. Уæд Серёжæйы зæрдыл дæр æрбалæууыд, инспекторы æвастæй ахуыргæнинæгтæн театрмæ цæуыны бар кæй нæй, — фырцинæй йæ зæрдыкæрон дæр нал æрцыд. — Нæ хицæуттæ нæ театры куы феной, уæд нæ къар- церы бамидæг кæндзысты, — æрæнкъард Вася. — Нæ нæ фендзысты, театр стыр у, — загъта Митя. Серёжæ ницы сдзырдта, фæлæ йæхинымæр загъта: „Ахæм чиныджы тыххæй къарцеры абадын хабар дæр нæу"- Изæры лæппутæ театрмæ ацыдысты. Театрмæ бацæуæны сыгъд стыр фанартæ. Дыууæрдæм дзы рапу-бацу кодтой городовойтæ. 38
Серёжæ йе ’мбæлттимæ театрмæ бацæуон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йын йæ дысыл чидæр фæхæцыд. Лæп- путæ фæстæмæ фæкастысты æмæ сагъдауæй баззадысты, гыццыл ма бахъæуа сæ мидбынаты ма ’рбадой. — Макаркæ! — Ам та цы агурут?! Чи уæ рауагъта? — бафарста сæ скъолайы æгъдаумæгæсæг Макаров. — Нæхи хорз кæй дарæм, уый тыххæй нæ инспектор йæхæдæг рауагъта, — гæды ныхас загъта Асеев. Макаровы ныхæстыл адардта, йæхæдæг Серёжæ æмæ Васяимæ дуары мидæгæй фæци. Театры стыр зал аив фæлыст уыд ёлкæтæ æмæ алы- хуызон тырысатæй. Цагъта дзы æфсæддон оркестр. Теат- ры уыд тынг бирæ адæм, æппæтæй фылдæр та студенттæ. Серёжæитæ куыд æмбæлы, афтæ сæ цæст дæр нæма аха- стой сæ алыварс, афтæ кæсынц, æмæ уæртæ дуарæй æр- базынд инспектор Широков, Макаров дæр йемæ, афтæмæй. Лæппутæ дуармæ се ’ргом сарæзтой, фæлæ ницы, къæли- дормæ рацæуæн дуарыл æрлæууыд Макаров æмæ мæсты- хуызæй загъта: — Господин инспекторæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд сымахæн ардæм рацæуыны бар раттын. Ныртæккæ уæ- химæ цæугæут, мæ цæст дæр уæ куыннæуал фена, афтæ. Серёжæ æмæ йæ дыууæ æмбалы æнæ исты сдзургæйæ рацыдысты гæрстæ ауындзæнмæ. — Лæппутæ, нæ ацæудзыстæм, — загъта Серёжæ. Тынг æй фæндыд студентæй уыцы чиныг райсын. — Нæ ацæудзыстæм! Нæ ацæудзыстæм! —йæ сæр ба- тылдта Митя. — Нæхимæ куы ацæуиккам фæлтау! Нæ хъуыддаг хорз куы нæ уа! —ныуулæфыд Вася. 39
— Цæугæ, ничи дæ уромы дæу, — загъта Митя æмæ Васямæ ахæм цæстæнгасæй бакаст, æмæ уый сым дæр нал скодта. Æртæйæ дæр сæхи гæрстæ ауындзæны фæстæ бааууон кодтой, иу-дæс минуты дзы алæууыдысты, стæй фæстæмæ уæлæмæ схызтысты. Уæлейы концерт райдыдта. Залæй хъуысыд рояль æмæ скрипкæйы цæгъдын. Ном.ыры фæстæ адæм хъæр кæнын куы райдыдтой „браво, браво, бис!", — уæд лæппутæ та- лынггомау залмæ бацыдысты æмæ сбадтысты уæгъд бы- нæтты. Сценæмæ рацыд иу бæрзонд мæстыхуыз зарæггæнæг æмæ базарыд: „Вдоль по улице метелица метёт". Зарын ын æнцон нæ уыд, æвæццæгæн: йæ къахфындз- тыл-иу слæууыд, стæй афтæ ныссырх, æмæ Митя йæхи нал баурæдта, ныппыррыкк кодта: „Раст цыма абанайæ рацыд, уый хуызæн у". Фæлæ Серёжæйы зарæггæнæджы мæт нæ уыд. Уый ракæс-бакæс кодта алырдæм, архайдта, талынгго- мау залы Фёдор Ивановичы куы фенид, ууыл. — Иу ран ма ныббад, дæ сæр цы радав-бадав кæныс? Кæсын мæ нæ уадзыс, — хъуыр-хъуыр кодта Митя. „Куыд ын зæгъа, Фёдор Ивановичы агурын, зæгъгæ, уæд æй Митькæ хынцфарст кæнын райдайдзæн: „Æмæ дæ цæмæн хъæуы? Цы хъуыддаг дæ ис йемæ?" — Æмæ Се- рёжæ ницы сдзырдта. Райдыдта антракт. Фойейы та оркестр цæгъдын рай- дыдта. Серёжæ йæ бынатæй фестад. — Кæдæм? — фæтарст Вася. — Фойемæ. — Макаровыл та хæрхæмбæлд фæуæм! 40
— Раст зæгъыс. Куы нæ ацæуæм, уæд хуыздæр уыдзæн, Серёжæ,—загъта Митя. — Кæннод нæ базондзысты æмæ нæ нæхимæ.арвитдзысты, концертæй дæр ма æнæхай фæуьь дзыстæм. „Афтæ мæ хъыгдардзысты, уый куы зыдтаин, уæд сæ ницæй тыххæй æрбахуыдтаин",— йæхинымæр загъта Се- рёжæ, йæхæдæг иуварсырдæм уыциу сæррæтт аласта. „Кæдæм?"— чысыл ма бахъæуа ма ныхъхъæр кæна Митя. Фæлæ Серёжæ йæхæдæг дæр фæлæууыд. Чъылдымырдыгæй йæм Фёдор Ивановичы æнгæсæн чи фæкаст, уыцы студент йе ’ргом раздæхта. Серёжæ федта, кæсæнцæстытæ йыл, ахæм æнæзонгæ даргъ’фындзджын адæймаджы. — Фæрæдыдтæн! Ныуулæфыд Серёжæ æмæ бандоныл æрбадт. Ныр, гъе уымæй уæлдай абон мæ къухы нæ бафт- дзæн, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кæсын, уыцы чиныг? Ау, нæ йæ райсдзынæн? Концерт фæцис. Серёжæ студентыл нал сæмбæлд. Уый бадт æнкъард æмæ хъыгзæрдæйæ. Фæлæ уый бæсты дæр цин кодта Митя, йæ зæрдæ уæрыккау кафыд. — Нæ хъуыддаг куыд хорз рауадис: музыкæмæ дæр æмæ зардмæ дæр байхъуыстам, Макаркæйы дæр афæ- лывтам! Фæлæ æгæр раджы цин кодта Митя. Æмбæрзæн куы æруагътой, уæд адæм сæ дзауматæ кæнынмæ рацыдысты, Серёжæитæ дæр дæлæмæ æрхызтысты. Цæджындзы раз лæууыд Макаров æмæ сæм, йæ дæн- дæгты къæс-къæс цæугæ кастис. Лæппутæ йæ цурты æр- бацыдысты, нæ йæ федтой, афтæмæй. Сæ дарæс скодтой æмæ адæмимæ иумæ æддæмæ рацыдысты. „Ныртæккæ мын Фёдор Ивановичмæ йæ фатермæ æнæ 41
азгъоргæ нæй",—сфæнд кодта Серёжæ æмæ иу-æртæ сан- чъехы фæстæдæр баззад йе ’мбæлттæй. Митя æмæ Вася уынджы хъæргæнгæ цыдысты, æмæ быцæу кодтой, зарæг- гæнджытæй хуыздæр чи азарыд, ууыл. — Серёжæ та цы æрбацис?—фæлæууыд Митя. Фæстæмæ ракастысты æмæ Серёжæйæн йæ кой дæр нæ! — Æмæ цымæ цы фæцис? Ныртæккæ дæр ма нæ фарсмæ куы уыд, уæд цы æрбадæлдзæх? —дис кодта Митя. V — Тагъддæр цом. Уый афонмæ нæхимæ ис, æвæццæ- гæн, — загъта Вася. Уыцы Сахгт Серёжæ та Гуырдзыйы уынджы уыцы сту- дентмæ фæцæйзгъордта. Æмæ уыцы чиныг цалынмæ йæ къухы нæ бафтыд, уæдмæ нæ ныууагъта. Райсомæй раджы, кæддæриддæр-иу куыд уыдис, афтæ, Серёжæ æмæ йе ’мбæлттæ араст сты скъоламæ. Макаров сæм сæ ныццыдмæ æнхъæлмæ каст: — Фæзындыстут, „мæ хуртæ"! Цæугæут-ма æртæйæ дæр къарцермæ! Сбадын сæ кодта къарцеры, иу чысыл талынг уаты, æмæ сыл дуæрттæ дæгъæлæй сæхгæдта. — Ныр бамбардзыстут, театрмæ куыд цæуын хъæуы, уый, — загъта Макаров. Къарцеры лæппутæ хъуамæ фæбадтаиккой къаддæр- уæддæр дыууадæс сахаты. Лæппутæ сфæнд кодтой рæстæг хъæлдзæгæй арвитын. Раздæр сæ къæхтæй хостой дуар, хъæбысæй хæцыдысты, суанг ма кæрæдзи сæрты гæппытæ кæныныл дæр сбæндæн сты, фæстагмæ та зарын райдыдтой. Фыццаг базарыд Серёжæ: 42
Бон-изæрмæ хур æрттивы, Талынг м’ ахæстон уæддæр... Хъалагъуртæ мын мæ рудзынг Хъахъхъæнынц æхсæв уа, бон. Вася æмæ Митя дæр базарыдысты. — Дæ хорзæхæй, цæуыл схъæлдзæг дæ?— бадис кодта Митя. — Афтæ æнæуи! Серёжæ зарыд, йæхæдæг хъуыды кодта: „Чиныгуæддæр мæ къухы бафтыдис. Гобаны бын æм- бæхстæй лæууы. Райсом у хуыцаубон. Ацæудзынæн Вол- гæйы былмæ, иу фæсвæд къуым ссардзынæн æмæ бон-изæр- мæ кæсдзынæн, цалынмæ йæ кæрæй-кæронмæ каст нæ фæуон, уæдмæ". Аст сахатыл сæ рауагътой. — Рацæут, ахст адæм!— загъта Макаров. Митяйæн тынг æхсызгон уыд, Макаров сæ ахст адæм кæй схуыдта, уый. — Раст цыма æцæг революционертæ стæм, уыйау ахæ- стоны бадтыстæм, — загъта Митя. Серёжæ бахудт æмæ йæхинымæры ахъуыды кодта: „Ахæм чиныджы тыххæй дыууадæс нæ, фæлæ ссæдз сахаты фæбадын дæр æмбæлы". ЛИСТОВКÆТÆ ^ Сæрды, каникулты рæстæг, Серёжæ ацыд йæ фыдыт мадмæ. Нана фырцинæй йæ цæссыгтæ нал баурæдта. — Мæ хъæбул, Серёжæ! Мæнæ цæйас лæг сдæ, мæнæ! Æмæ æцæгдæр фæстаг аз ’ Серёжæ тынг сырæзыд, фæбæзæрхыгдæр. 43
— Нана, æмæ мыл æхсæрдæс азы нæ цæуы истьь- Тагъд мын рихитæ куы рацæудзæн, — хъазæн ныхæстæ код- та Серёжæ. — Дæ хæлар Санькæйæн рацыдысты йæ рихитæ. — Куыдтæ цæры уый та? — Ницы йын у. Цæййæстæ ныццис, уый куы фенис1 Мæсыг! —бахудтис нана. — Уый чи у мæсыг, æз? — бафарста Санькæ, йæ сæр рудзынгæй мидæмæ æрбадаргæйæ. — Æгас цæуай, Саня, — хъæрæй загъта Серёжæ. — Æгас цу, Серьга,—дзуапп радта Саня æмæ мидæ- мæ бацыд. — Ныр сыл ныхас- бацайдагъ уыдзæн, къуыримæ дæр нал фæуыдзысты сæ ныхæстæ конд, — загъта нана æмæ къухнæмæ ацыд. Лæппутæ гом рудзынджы раз æрбадтысты æмæ кæ- рæдзи рафæрс-бафæрс кæнын райдыдтой: — Куыдтæ сты дæ хъуыддæгтæ Хъазаны? — Дæуæн та — Уржумы ? — Уæ ахуыргæнджытæ куыд сты? Стæй Саня йæ ныхас фæурæдта, йæ сæр рудзынгæй радардта^æмæ йæ къух кæмæдæр тилы: — Æгас цæуай, Павел Иванович! Дæхи найынмæ уы дтæ ? — О. Дон абон тынг хорз у, — æрбайхъуыст кæйдæр хъæлæс. Серёжæ йæ сæр радардта рудзынгæй. Уынджы лæууыд, даргъ сæрыхъуынтæ æмæ йын чысыл цыргъ роцъо, ахæм лæппулæг. Йæ хуылыдз хисæрфæн уыд йе ’уæхскыл ауыгъд. — Базонгæ ут. Мæ хæлар Серёжæ Костриков. Хъаза- нæй æрбацыд махмæ каникулты, — загъта Саня. 44
— Æмæ æз Хъазаны университеты дыууæ азы куы фæахуыр кодтон, — мидбылты бахудт Павел Иванович. — Хаст революционер у, — Серёжæйы хъусы бадзырд- та Саня. — Лæппу, раст дæ цыма фиуæй хæссынц, уый нæрст кæныс, — хъазыд Павел Иванович Саняйæ. Абæрæг мæ-иу кæнут, æз дæр ацы уынджы цæрын, . хохы рæбын бур хæдзары. — Хорз адæймаг у, хæларзæрдæ, — раппæлыд нана студентæй. — Иу хатт æмæ мын дыууæ хатты дон не ’рба- давта цъайæ. — Фондз азы æмгъуыдмæ йæ рарвыстой ардæм, — загъта Саня. — Эх, æвæдза, бирæ адæм хъизæмар кæны рæстдзи- нады сæраппонд! — загъта нана. — Ахæстæтты дæр æмæ хасты дæр. Серёжæ хъуыдыты аныгъуылд. Уый иухатт йæхи цæстæй федта, революционерты хасты куыд фæцæйтард- той, уый. Ахст адæм цыдысты Уржумы уынджы астæуты, сæ фæйнæфарс та бæхджын хъахъхъæнджытæ æхсаргардæл- Бæстæй. Серёжæйы рагæй фæнды хаст адæмимæ базонгæ уæвын. Гъемæ мæнæ ныр базонгæ æцæг революционеримæ; уый ма сæ суанг сæхимæ дæр хоны. — Сань, цом райсом уыцы студентмæ, — загъта Се- рёжæ Саняйæн. Æмæ дыккаг бон изæрæй ацыдысты, хохы рæбын цы чысыл бур хæдзар уыд, уырдæм. — А, æрбацыдыстут,— мидæмæ, мидæмæ, — уазæг хуы- цауы уазæг, — худæн былæй сæ размæ рацыд, хаст чи уыд 45
иу ахæм æнæзонгæ ацæргæ бæрзонд лæг.— Хæстæгдæр ма рацæут, стъолмæ, лæппутæ! Серёжæ æмæ Саня бацыдысты уатмæ. Хаст адæм цымд- той цай. Павел Иванович сæ базонгæ кодта иннæтимæ дæр. Чысыл хæдзары цардис фараст лæджы. Серёжæ æмæ Саня куыд бамбæрстой, афтæмæй ам царди æрыгæттæ дæр æмæ зæрæдтæ дæр, кусджытæ дæр æмæ студенттæ дæр. Сенæйы сыл чи сæмбæлд, уыцы ацæргæ бæрзонд лæг разынд Пу- тиловы заводы кусæг — слесыр Зоткин. Фыццаг изæр Серёжæ æмæ Саня хаст адæммæ фесты æмæ фæныхас кодтой æнæхъæн сахат. Æртыккаг бон дæр та ацыдысты уыцы бур хæдзармæ. Ныр сæ хуыдта канд Павел Иванович нæ, фæлæ ма слесыр Зоткин дæр æмæ иннæтæ се ’ппæт дæр. — Куыд уынын, афтæмæй хорз лæппутæ стут, стæй мæнмæ гæсгæ уæ дзыхтыл хæцын дæр зонут, — иу-æртæ къуырийы фæстæ загъта Зоткин. „Зонæм!"—ныхъхъæр кæнынмæ хъавыдис Серёжæ, фæлæ фефсæрмы ис. — Ацы хъуыддаджы, мæ хæлæрттæ, хи хъахъхъæнын хъæуы. Мах иуцасдæр æххуыс бахъæудзæн сымахæй. — Æмæ цы бакæнын хъæуы?—бафарста Серёжæ; фырцинæй ма йæ къухтæ зыр-выр дæр бакодтой. — Листовкæтæ! Стæй сын слесыр Зоткин амонын райдыдта, листовкæ- тæ куыд мыхуыр кæнын хъæуы, уый. Уый чысыл куыст нæ уыд. Афтеччы балхæнын хъуыд желатин глицеринимæ. Горæты та иунæг афтек йедтæмæ нæй. Уыцы иу æлхæдгæ- нæн нæй, афтекмæ цæуын хъæуы радыгай, уыцы гæмæх сæр ставд афтеччы хицау сыл цæмæй ма фæгуырысхо уа, 46
47
ацы лæппуты глицерины æвгтæ афтæ бирæ цæмæн хъæуы, зæгъгæ, уый тыххæй. Уый фæстæ глицеринæй мазы хуызæн ахорæн сфыцын хъæуы. Стæй та листовкæтæ ныммыхуыр кæнын... — Цæй, алцыдæр бамбæрстат? — бафарста Зоткин. — Бамбæрстам! Иу-аст боны дæргъы цыдысты Серёжæ æмæ Саня афтекмæ глицерин æлхæнынмæ, стæй мазы хуызæн ахорæн сфыхтой. Æхсæв æнафон, адæм иууылдæр куы бафынæй сты, уæд Серёжæ æмæ Саня ацыдысты зæронд абанамæ. Абанайы рудзынг бæмбæджджын хъæццулæй бамбæр- зтой, фанар дзы ссыгътой æмæ бавнæлдтой листовкæтæ мыхуыр кæнынмæ. Листовкæты фыст уыд, мæгуыртæ фыд- цард цæмæн кæнынц, хъæздгуытæ та бухъцард, стæй уый кæй аххос у, уыдæттæ. Æппæты бынæй листовкæты фыст уыд: „Æппæрст æрцæуæд паддзах! Æгас цæуæд рево- люци!" Городовойтæ Серёжæ æмæ Саняйы ахæм листовкæти- мæ куы æрцахстаиккой, уæд сæ уайтагъд ахæстоны сми- дæг кодтаиккой. Серёжæ æмæ Саня мыхуыр кодтой, стæй, мачи нæ æрбаййафа, зæгъгæ, сæ хъус дæр дардтой æддæмæ. Серё- жæ дыууæ хатты разгъордта уынгмæ. Уынджы иу цъиутæ- хæг дæр нæ, талынг... Æрмæст кæрдæгæй цыд цъыр-цъырæг- ты цъыр-цъыр æмæ уынджы кæронæй куыдзы рæйын. Æхсæв-бонмæ фæкуыстой Серёжæ æмæ Саня, стæй хур куы скаст æмæ фиййау йæ уадындзæй уасгæ хъомтæ быдырмæ куы атардта, уæд Серёжæ хаст адæммæ азгъордта. — Нæ куыст фестæм мах,— загъта Зоткинæн.— Æртæ сæдæ листовкæйы ныммыхуыр кодтам! 48
— Гъе уыдон лæппутæ сты, гъе,— раппæлыд сæ сле- сыр. — Ныр ма уын баззад иу хъуыддаг, фæстаг æмæ тæк- кæ тæссагдæр хъуыддаг: ахсæв ацы листовкæтæ ахæлиу кæнын хъæуы горæтыл, базары æмæ Малмыжскы фæнда- гыл. Хъахъхъæнут уæхи, городовойты < дзæмбытæм ма ба- хаут, хъусут?! — Ма тæрс! —дзуапп радта Серёжæ. Ралæууыд æхсæв. Серёжæ æмæ Саня сæхи рæвдз кæ- нын райдыдтой. Тагъд-тагъд листовкæтæ сæ дзыппыты, сæ рæтты тъыстой. Сæ хæдæттæ æддæмæ ратыппыр сты, сæ дзыппытæ ныддымстысты. — Раздæр уал базармæ цом, стæй та Малмыжскы фæн- дагмæ, — загъта Серёжæ. Ахуыссын кодтой сæ фанар æмæ абанайæ кæртмæ ра- цыдысты. Уый фæстæ сабыргай, сæ къахфындзтыл цæугæ> кæртыл ахызтысты уынгмæ. Горæт бафынæй. Лæппутæ æнæдзургæйæ тындзгæ уадысты фынæй го- рæты уынгты æмæ уайтагъд базармæ бахæццæ сты. - — Райдай, — мынæг хъæлæсæй загъта Серёжæ. Гуыбыр-гуыбыр базгъордтой, зæхкусджытæ-иу сæ то- вар, æхсыры дурынтæ кæуыл равæрдтой, уыцы афтид хъæдын стъолтæм. Æнæ сыбыртт, æнæ хъинцæй Серёжæ æмæ Саня хæлиу кодтой листовкæтæ стъолтыл. Уæгъд бæхтæ хордтой хос, алырдыгæй хъуыст сæ мыртт-мыртт æмæ футтытæ. Уæрдæтты æмæ уæрдæтты бынты хуыссы- дысты, базармæ чи æрбацыд, ахæм зæхкусджытæ. Хатгай- иу фынæй адæм базмæлыдысты кæнæ рабадтысты. Уæд-иу Серёжæ æмæ Саня стъолты аууоны амбæхстысты. Уынæр нал цæуы, зæгъгæ, уæд та-иу ногæй бавнæлдтой сæ куыст- мæ. Уалынмæ стъолтæ листовкæтæй урс адардтой. 4 Сережэе Костриков 49
— Хъуыддаг цæттæ у, — мынæг хъæлæсæй бамбарын кодта Серёжæ. — Ныр згъорæм Малмыжскы фæндагмæ. Æмæ азгъордтой. Малмыжскы фæндаг хæстæг нæ уыд, афтæмæй куыст та фæуын хъуыд боныцъæхтæм. Йæ алы~ варс бæрзонд быру æмæ нывæфтыд æфсæйнаг къæлиткæ кæмæн уыд, уыцы хæдзары раз Серёжæ фæлæууыд, йæ дзыппæй иу-цалдэйр листовкæйы сласта æмæ сæ бæрзонд быруйы сæрты цæхæрадонмæ баппæрста. Саня фæтарст, йæ цонгмæ йын фæлæбурдта. Уыцы хæдзары цард Уржу- мы горæты тæккæ стырдæр хицау — исправник Пенеш- кевич. — Лидзæм! — басхуыста Серёжæ Саняйы фарс æмæ ныййарц сты. Уынг фæстейы куы аззадис, уæд дын Се- рёжæ мынæг хъæлæсæй афтæ: — Уадз æмæ зона, револю- ционертæ æхсæв дæр хуысгæ кæй нæ кæнынц, уый! Горæты цæхæрадоны æдде лæппутæ сæ цырыхъхъы- тæ раластой æмæ Уржумкæйы фаллаг фарсмæ бахызтысты. Доны тæккæ фале уыд Малмыжскы фæндаджы райдиан. Йæ фæйнæ фарс тар дардта хъæд. Серёжæ æмæ Саня хъæдмæ куы бахæццæ сты, уæд дын фæсте кæцæйдæр тых- джын æхситт куы фæцæуид. Афтæ каст, цыма хæрз хæстæг æхситт кодтой. Лæппутæ удаистæй хъæдмæ лидзыныл фе- сты. Уым бамбæхсæн уыд сурджытæй. Фыццаг æхситты фæстæ райхъуыст дыккаг дæр, стæй бæстæ ныссабыр. — Кæдæм!—баурæдта Серёжæ Саняйы.—Кæдæм сты- рындз дæ? Листовкæтæ ахæлиу кæнын хъæуы. — Раст зæгъыс!—загъта Саня тыхулæфтгæнгæ. Цыдысты фæндагыл æмæ листовкæтæ уагътой куы иу ран, куы иннæ ран. Фæндаджы был къудзиты рæбын, къанæутты æмæ фæндаджы былтыл. 50
Сахаты æрдæгмæ листовкæтæ иууылдæр хæлиугонд æр- цыдысты. — Саня, цы уый зоныс, фæстæмæ æндæр фæндагыл цом, — ахъуыды кодта Серёжæ, — æхситт пъæлицæйаджы æхситт уыд. Кæд нæм миййаг городовойтæ доны был ба- бадтысты. Фæндаг цыдис цъымарайыл. Лæппутæ-иу арæх сæ ас- тæумæ афардæг сты уазал доны. Назы къалиутæ цæсгом хостой. Саня тынг смæсты æмæ хъуыр-хъуыр кæнын рай- дыдта. — Ницы кæны, куыддæр бахæццæ уæм, афтæ нæхи бахус кæндзыстæм, — ныфс æвæрдта Серёжæ йе ’мбалæн. Бон цъæхтæ кæнын райдыдта. Хуылыдз æмæ фæлла- дæй, фæлæ сæхицæй бузныг уæвгæйæ, æрбацыдысты лæп- путæ сæхимæ. Хаст революционертæ сын се ’вджид цы хъуыддаг ба- кодтой, уый сæххæст кодтой иттæг хорз. — Ныр та хорз фæфынæй кæндзыстæм,— æз тынг ба- фæлладтæн,— загъта Саня йæ ком ивазгæйæ. Фæлæ йæ фынæй кæныны бон нæ фæцис. Нана базарæй удаистæй æрбахæццæ. Йæ сау кæлмæрзæн иуварсырдæм æрбырыд, тыхулæфт кодта. — Горæты цытæ цæуы! Хъæр-хъæлæба! Городовойтæ базары ратæх-батæх кæнынц, цыдæр гæххæттытæ агурынц. Дысон, дам, хаст адæм горæты цыдæр гæххæттытæ ных- хæлиу кодтой. Алыхуызон ныхæстæ, дам, дзы фыст ис пад- дзахы ныхмæ. Суанг исправничы цæхæрадоны дæр ссард- той уыцы гæххæттытæй. Тæрсгæ дæр ницæмæй кæнынц, ахæм ’хæйрæджытæ сты. Дысон-бонмæ гæххæттытæ æнæхъæн го- рæтыл ныххæлиу кодтой. 51
Серёжæ æмæ Саня кæрæдзимæ бакастысты æмæ ных- худтысты. — Цæуыл худут?—смæсты нана. — Ахæм гæххæттыты тыххæй Сыбыры амæттаг кæнынц, сымахæн та худæджы хос у. Нанайæн йæ зæрдыкæрон дæр нæ уыд, тæрсгæ дæр чи ницæмæй кæны, уыцы „хæйрæджытæ" Саня æмæ йæ фыр- тыфырт Серёжæ кæй сты, уый. Фæззæджы Серёжæ фæстæмæ Хъазанмæ ацыд ахуыр кæнынмæ æмæ дыууæ азмæ каст фæцис промышленнон училище. Экзаментæ иууылдæр иттæг хорз бæрæггæнæн- тимæ радта, диплом райста æмæ та фæстæмæ Уржумы горæтмæ нанамæ æрбацыд. — Мæнæ цы лæг ссис, мæнæ — техник-механик! — дис кодта нана. Цы фуражкæ йыл ис, уый æмæ йын рихитæ дæр рацыд! — Ныр Серёжæ нæхимæ бынтондæр æрбацыдис! — сы- хæгтæн æппæлыд йæ хо Лизæ. Фæлæ Серёжæ сæхимæ бирæ нæ фæци. Августы йæ афæндараст кодтой Томскмæ. Нана Серёжæйæн фæндагмæ скодта адджинæгтæ, авджы мидæг ын ныккодта фых æхсыр. Йæ хо Лизæ та йын йæ дзыппы къухты кæлмæрзæн атъыста: — Ацы кæлмæрзæн мæ номыл фæдар, мæхæдæгдын æй скодтон. — Стыр бузныг, Лизуткæ! — загъта Серёжæ. Йæ хо Лизæ æмæ нанаимæ Серёжæйæн хæрзбон зæгъынмæ рацыдис Саня Самарцев дæр. Нау куы араст наулæууæнæй, уæддæр ма Саня бирæ фæтылдта йæ худ æмæ хъæр кодта йæ фæстæ:% — Фысс-иу мæм, Серьга! Хъусыс, фысс-иу! 52
СЕРЕЖÆ ÆРБАЦЫД ТОМСКМÆ Серёжæ Саняимæ иумæ абанайы листовкæтæ куы мы- хуыр кодтой æмæ сæ æхсæвы горæты уынгты куы хæлиу кодтой, суанг уæдæй фæстæмæ бæллын байдыдта Серёжæ æцæг революционер суæвынмæ... Æппынфæстаг йæ фæндон сæххæсти. Томскы горæты бацыд Уæрæсейы кусджыты социал-демократон партимæ. Паддзахы заман революционерты куыст уыд тынг зын æмæ тæссаг. Пъæлицæ æмæ жандармтæ сæ фæдыл зылды- сты, ахстой сæ æмæ сæ ахæстæтты кодтой. Серёжæ уыдæттæ хорз зыдта, фæлæ уæддæр тæрсгæ нæ кодта, ныфсхаст лæппу уыд. Æцæг болыпевик кæй фæ- хонынц, ахæм! Уый пъæлицæйæ нæ тарст, афтæмæй рæвдз æмæ бæлвырдæй æххæст кодта, революцион комитет ын цы сусæг хъуыддæгтæ бахæс кодта, уыдон иууылдæр. — Костриковыл зæрдæ дарæн ис,— тагъд дзурын рай- дыдтой революционертæ Серёжæйæ. — Зондджын лæппу у, æрхъуыдыджын, иузæрдион у кусджыты хъуыддагыл,—æппæлыд Серёжæйæ зæронд боль- шевик дамгъæтææмбырдгæнæг Кузьмин. Æмæ Серёжæйы уыцы миниуæг иухатт тынг æххуыс фæци революционертæн сæ куысты. Томскы хæдзæртты фыццаг уæладзгуытæн сæ рудзгуы- тæ æхсæв æхгæдтой фæрсæгтæй. Уыцы фæрсæгтæ уыдысты, фæрсæгтæ куыд вæййынц, афтæ: стыр, хъæдын, дыууæфæрскон, фæлæ сæ Томскы 53
бынтон æндæрхуызон æхгæдтой. Æмæ гъеуый бабæззыд революцион куысты. Серёжæ цы хæдзары цард, уымæн дæр ахæм фæрсæг- тæ уыд. Иу фæззыгон къæвда изæр Серёжæ йæ куыстæй сæхимæ æрбацæйцыд. Кусгæ та кодта Горæты управæйы хахнывгæнæгæй. Сæ хæдзары дуармæ хæстæг Серёжæ федта сæ сыхаг лæппуйы, уый дæр Серёжæ хуынд. Йæ мидбынаты цоп- пайгæнгæ, лæппу футт-футт кодта. — Цæуыл кæуыс, ме ’мном?— бафарста Серёжæ.— Исчи дæ бафхæрдта? — Нæ къласæй иу — Федькæ Гаврилов. Почтæйы уын- джы цæры. Лæппу сфутт-сфутгæнгæ тагъд-тагъд дзырдта, урокты фæстæ Федькæимæ пъеротæй куыд хъазыд, уый. — Гъе уый æнхъæл дын нæ уыдтæн! Уый та куыд? Хорз ахуыр кæныс, æгъдауджын дæ, афтæмæй та пъеройæ хъазыс! — Никуыуал ахъаздзынæн, — дзырд радта Серёжæ. — Ма дæ ферох уæд, уæдæ, мæ хæлар. Ныхас радтай уæд æй æххæст кæнын хъæуы. Цæй, дзургæ ныр дарддæр, цы дыл æрцыд? Федькæ дын дæ пъеротæ ма байсæд? — Нæ, сымахмæ сты мæ пъеротæ! — Махмæ? — дисы бацыд Серёжæ Костриков. — О, сымахмæ, уæ уаты. Поля изæры рудзгуытæ æх- гæдта æмæ мын мæ пенал æд пъеротæ мидæмæ, уатмæ баппæрста. Федя мын мæ пъеротæ байсынмæ хъавыд, æмæ мæ куы æрбацæйæййæфта, уæд мæ пенал къулы хуын- чъы атъыстон. — Кæд афтæ у, мæ хæлар, уæд цом махмæ. Уатмæ куы бацыдысты æмæ Серёжæ цырагъ куы ссыгъ- 54
та, уæд .лæппу цингæнгæ рудзынджы размæ базгъордта æмæ пъолæй фелвæста тæвдбарæны футляр. — Мæ пъеротæ ам фæдарын æз!Тæвдбарæн асаст æмæ йын йæ футляр мамæ мæнæн радта, — бамбарын кодта лæп- пу. — Иу дæр дзы нæ фæхъуыд.— Пъеротæ йæ армытъæпæ- ны æркалдта, банымадта сæ æмæ уатæй æддæмæ раз- гъордта. Серёжæ хæстæг бацыд, йе ’мном ныртæккæ сырх фут- ляр цы рудзынджы бынæй систа, уый размæ. Серёжæ цæуылдæр зæрдиагæй хъуыды кодта, йæ цæ- стытæ та æрдæгцъындæй цыдæр хинкаст кодтой. — Диссаджы хорз æрхъуыды! — загъта Серёжæ æмæ бахудт. Пеналы хабар æрцыд цыппæрæмы. Дыккаг изæр Серёжæ, куыд баныхас кодтой, афтæ, хъуамæ сæмбæлдаид зæронд дамгъæтææмбырдгæнæг Кузь- мин æмæ йæ’дыууæ æмбалыл Лагеры цæхæрадоны фале. Сусæг революцион комитет сын бахæс кодта хуыцауæхсæв горæты листовкæтæ ахæлиу кæнын. Серёжæ йæ куыстæй куы æрбацыд, уæд тагъд-тагъд сау дзулы къæбæримæ иу агуывзæ æхсыр ацымдта. Тынг тагъд кодта. Сæхицæй куы цыд, уæд Серёжæ фатеры хицауæн бам- барын кодта, библиотекæмæ цæуын, стæй ахсæв мæ зонгæ студентмæ баззайдзынæн, зæгъгæ. Уынгмæ рацыд. Æрталынгтæ. Сæлфынæг кодта, æмæ уазал дымгæ былтæ цавта. Уынджы ма цы иугай цæуджы- тæ уыд, уыдон тагъд кодтой сæ хæдзæрттæм, уарын æмæ дымгæмæ ныккука сты, афтæмæй. 55
„Цымæ цæуыл афтæ хъæлдзæг у?" —дис кодтой цæу- джытæ, фæтæнриу лæппумæ кæсгæйæ; уый уарын хъуыды дæр нæ кодта, афтæмæй дондзæстыты сæрты, фыццаг къла- сы ахуыргæнинагау, цæрдæг гæппытæгæнгæ, хъæлдзæгæй згъордта. „Сыгъдæгæй йæ уарзонмæ тагъд кæны!" — мид- был бахудт, йæ сæрмæ стыр сау зонтыкк, йæ дæлармы пъартфел, ахæм зæронд лæг. Серёжæ нысангонд бынатмæ цалынмæ хæццæ кодта, уæдмæ донласт ныцци æмæ баргъæвст. Бæзджын, хъуын- джын хихджын æнусон нæзы бæласы бынмæ куы схæццæ, уæд бынтон баталынг. Хорз халагъуды хуызæн хи баау- уонгæнæн уыд уарын æмæ дымгæйæ уыцы нæзы бæла- сы бын. Фыцпаг æрбацыд Серёжæ. Иу сахаты æрдæг банхъæл- мæ кастаид, афтæ кæрæдзийы фæдыл фæзындысты иннæ- тæ дæр. — Гъе ныр иууылдæр ам стæм, — загъта зæронд лæг Кузьмин. Дзæбæх æрбацыдыстут, æмбæлттæ? Ничи уæ ба- фиппайдта? — Ничи, гуырысхо дæр ныл ничи фæцис, афтæмæй æрбахæццæ стæм, — загъта ныллæг къæсхуыр лæппу, паро- возты депойы смазчик. — Цæй райдайæм, рæстæг дзæгъæлы сафынæн æвгъау у! —загъта Кузьмин æмæ нæзыйы ставд бындзæфхадыл æрбадт. Иннæтæ дæр йæ разы æрбадтысты. — Байхъусут уæдæ. Ацы сабаты мах хъуамæ горæты’ ахæлиу кæнæм листовкæтæ. Мах район уыдзæн Почтæйы уынгæй цæугæдон Томийы былмæ, революцион комитет кæй рахицæн кодта, уыцы иннæ æртæ æмбалы та листов- кæтæ ахæлиу кæндзысты Заисточьейы æмæ Воскресенскы 56
хохыл. Æрмæст нын хорз рæстæг куы скæнид, мæнæ або- ны хуызæн рæстæгæй хуыцау бахизæд, — листовкæтæн се ’мбис фесæфдзæн уарынмæ. ь — Уымæй раст зæгъыс!.. — сразы паровозты депойы смазчик. — Гæнæн нын кæмдæриддæр вæййы, уым ныууа- дзæм листовкæты. Куы сæ цыхцырæджы трубайы фæстæ атъыссæм, куы дуары хæцæны, хатгай та афтæ дæр рауа- йы, æмæ сæ зæххыл дуры бын дæр акæнæм, дымгæ сæ куыд нæ ахæсса, афтæ. — Дымгæ дæр сын пайда нæу листовкæтæн. Мит æмæ уарынæй та бынтон сæфт кæнынц! — Æмæ уæдæ æндæр цы гæнæн ис? Заказной писмо- йы хаст сæ нæ бакæндзынæ хæдзармæ. — Мæнмæ гæсгæ сын хæдзармæ хæссæн дæр ис, — загъта Сергей. — Цытæ мын дзурыс, мæ хæлар! —йæ сæр батылдта Кузьмин. — Куыддæр фыццаг листовкæ бахæссай, афтæ дæ рацъипп ласдзысты æмæ дæ ахæстоны фæмидæг кæндзы- сты. Кæуыл амбæлд’зынæ, уый чи зоны. Листовкæты та, дæхæдæг æй зоныс, ахæм ныхæстæ фыст ис, æмæ алкæйы зæрдæмæ нæ фæцæудзысты. — Листовкæты цы ныхæстæ фыст ис, уыдон тынг раст сты! Æппæрст æрцæуæнт паддзах æмæ капиталист- тæ! —загъта, ныронг чи ницы дзырдта, уыцы бæрзонд ацæргæ кочегар. — Гъе уæддæр сын хæдзармæ хæссæн ис, — сабырæй, фæлæ фидарæй загъта Сергей. Листовкæйыйас гæххæтт систа йæ дзыппæй, цалдæр дыдагъы йæ бакодта, стæй цыппар дыдагъгонд гæххæтт тымбыл стыхта æмæ дзы рауад æнгуылдзы хуызæн гæх- хæттын4 хæтæл. 57
т 4т щ^% Революционертæ иууылдæр кастысты, цымæ дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ. — Куыддæр талынгтæ кæнын байдайа, афтæ листов- кæтæ афтæ тыхтæй нæ дзыппыты нывæрдзыстæм æмæ уынгмæ рацæудзыстæм... Уынджы та!.. — хин худт бакодта Серёжæ æмæ йæ ныхас фæурæдта.. 58
— Гъы, уынджы та цы? —йæхи нал баурæдта дам- гъæтææмбырдгæнæг. — Сымах æй уæхæдæг дæр хорз зонут, Томскы ру- дзынджы фæрсæгтæ куыд арæзт сты, уый. Алы рудзынджы фарсмæ дæр къулы суанг мидæмæ ис чысыл хуынкъ. Изæр фæрсæгтæ куы фехгæнынц, уæд æфсæйнаг æвдузæны кæ- рон къулы хуынчъы батъыссынц... Куыд æй бамбарын кодтаид, уый æвиппайды йæ дзы- хы нал бадт, æмæ къухы æнгуылдзтæ кæрæдзиуыл æр- цъыкк кодта: — Мæнæ, зæгъæм, æндах судзины быны куыд атъыс- сай, уыйау. — Нæхæдæг дæр томскæгтæ стæм, зонæм æй нæ фæр- сæгтæ куыд æхгæнæм, уый! — ацы хатт мæстыхуызæй загъта Кузьмин, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый не ’мбар- гæйæ. — Дарддæр та цы ? — Дарддæр ыл дзурын дæр нал хъæуы! Бынтон куы æрталынг уа, уæд цæрджытæ сæ хæдзæртты рудзгуыты фæрсæгтæ сæхгæндзысты æмæ нын нæ листовкæтæ мидæ- мæ сæ уæттæм æвдузæнтæй басхойдзысты. — Кæс-ма дæ хорзæхæй, гæр æмæ уыцы хъуыды дæ сæрмæ куыдæй æрцыди дæуæн? Æз мæхæдæг дæр Томскы рагон цæрджытæй дæн, фæндзай аст азы ацы дунейыл цæ- рын, фæлæ ахæм хъуыды мæ зæрдыкæрон дæр никуыма æрцыд. — Раст зæгъын хъæуы, иттæг хорз æрхъуыды у! — бахудт кочегар. — Уыцы хъуыды мын мæ зæрдыл мæ хæлар æрлæу- уын кодта. Æнахуыр хъуыддаг уыд йæ пеналы хабар. — Æмæ чи у дæ хæлар? Студент æви исты инженер? Серёжæ йæ худæг нал баурæдта: 59
— Нæ йæ базыдтат! Фыццаг къласы ахуыргæнинаг. Сыгъдæг пятеркæтæ исы. Ме ’мном! Æмæ Сергей бæлвырд радзырдта йе ’мбæлттæн, йе ’мном Гаврилов Федяйæ куы рацæйлыгъди, уæд йæ пенал æд пъеротæ къулы хуынчъы куыд атъыста, уый. — Стæй уæд куы æрталынг, уæд мæ фатеры хицау Поля рудзгуытæ æхгæдта æмæ пенал æвдузæнæй мæ уат- мæ æрбасхуыста, — йæ ныхас фæци Сергей. — Гъемæ хорз, æмбал Костриков, дæ ног мадзалы тыххæй фехъусын кæндзынæн революцион комитетæн. Мæнмæ гæсгæ ме ’мбæстæгтæ амæй фæстæмæ исдзысты „хæдзармæ хæсгæ" листовкæтæ. „ХÆДЗАРМÆ ХÆСГÆ" ЛИСТО ВКÆТÆ Æмæ æцæгдæр, сабаты Томскы цæрджытæй бирæтæг райстой хæдзармæ хæсгæ листовкæтæ. Цингæнгæ кастысты Томскы кусджытæ листовкæты æхсидгæ сидтытæ тохмæ æмæ революцимæ. — Гъе уыдон сахъ гуырдтæ сты, гъе, уый чи æрхъуыды кодта! —æппæлыдысты революционертæй кусджыты сыхы. Пъæлицæйаг Чесноков та, фырмæстæй йæ къухтæ тил- гæйæ, дыууæрдæм кодта йæ уаты, Почтæйы уынджы. Алы сабаты дæр пъæлицæйаг йæ бинонтимæ цыд аба- намæ. Абон дæр та уыдысты. Фæстæмæ куы æрбаздæхты- сты, уæд Чесноков ацыд уынгмæ, рудзгуытæ æхгæнынмæ, йе ’фсин та мидæгæй цай фыцынмæ баззад. Æртæ рудзын- гæн дæр сæ уæззау фæрсæгтæ æрбахгæдта, æвдузæнтæ къулы хуынчъыты батъыста æмæ мидæмæ хæдзармæ ба- цыд. Къæсæрыл йæ ус йæ размæ фæци. Йæ худ иувар- 60
сырдæм æрбырыд, абанайы фæстæ йæ хуылыдз дзыккутæ йе ’уæхсчытыл ныххæлиу сты, афтæмæй лæууыд къæсæ- рыл, йæ тымбылкъух размæ даргæйæ. Йæ цæсгом уыд тарстхуыз. — Феофан Иванович, — загъта ус тарст хъæлæсæй, — нæ хæдзары прокламаци! — Уый та дын цавæр æдылы ныхас у! Кæм и про- кламаци? — Мæнæ, — загъта ус æмæ йæ тымбылкъух рахæлиу кодта. Усы армытъæпæны лæг ауыдта æнгуылдзы хуызæн тухт гæххæтты гæбаз. Фæлæбурдта йæм, райхæлдта йæ æмæ дзы бакаст: „Æппæрст æрцæуæд хæдхæцæгад! Æгас цæуæд рево- люци!..а—Ахæм æртхъирæны сидт фыст уыд листовкæйы æппæты бынæй. Пъæлицæйаг йæ усмæ бауырдыг. — Кæцæй дæм æрбахаудта ацы листовкæ? —хъæр кодта лæг æмæ усы цæстыты размæ тылдта^ йæ тымбыл- къух æд листовкæ. — Схойгæ йæ дæхæдæг æрбакодтай, хъæр та мæныл кæныс! — Ома куыд æй æрбасхуыстон æз? —пъæлицæйаг фæуыргъуыйау æмæ чырыныл æрбадт. — Дзæбæх! — загъта ус.—Ды рудзгуытæ æхгæнынмæ ацыдтæ, æз та цай фыхтон. Буфеты раз лæууын, æмæ сау мæнæргъыйы вареннæ вазæйы кæнын. Ды иу рудзынг сæх- гæдтай, стæй та дыккаг. Æртыккаг рудзынджы фæрсæгтæ куы æрбахгæдтай, уæд къулæй пъолмæ листовкæ æрхауд! Ды йæ дæхæдæг уынгæй уатмæ æрбасхуыстай. — А-а-а! — бамбæрста хъуыддаг пъæлицæйаг. — Ли- 61
стовкæ уæдæ раст къулы хуынчъы уыдис?! Уый студент- тæ йедтæмæ ничи уыдаид. Пъæлицæйæ ахынджылæг кæнын сæ æрфæндыд!.. Дæ дзыхыл хæц! Листовкæйы тыххæй сым дæр макæмæн скæн. Листовкæ атымбылтæ кодта æмæ йæ судзгæ пецы бап- пæрста. Гæххæтт сгуыр-гуыр кодта. — Хуыцауæй разы, — æхсызгон улæфт скодта пъæли- цæйаг. — Цæй, цай бацымæм. Фæлæ йæ фыццаг агуывзæ дæр æххæст цымд нæма фæци, афтæ чидæр кулдуар йæ тых-йæ бонæй æрбахоста. Зæронд фиййаукуыдз Полкан хъæхъхъаг рæйд кодта, рæ- мыгъта йæ рæхыс. Пъæлицæйаг йæ цинел йе ’уæхсчытыл æрбаппæрста æмæ дуармæ рацыд. Минуты фæстæ йæ сыхагимæ æрбаздæхт. Сыхаг удаи- стæй йæ худ дæр нал акодта йæ сæрыл, йæ палто йе "уæхсчытыл æрбаппæрста, афтæмæй рауад. — Ныртæккæ мæ хойы чызг Воскресенскы уæлвæзæй æрызгъордта, æмæ мæм мæнæ ахæм æрбахаста... — Сыхаг мынæг хъæлæсæй дзурын райдыдта æмæ та-иу тарст хуы- зæй акаст фæйнæрдæм. — Диссаг цы у, йæхи дыууæ къухæй йæ æрбаппæр- ста мидæмæ, хæдзармæ!.. Сыхаг ма цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ пъæли- цæйаг æппæт дæр бамбæрста. Листовкæ райста йæхимæ, сыхаджы æддæмæ ракодта, йæ цинел акодта æмæ азгъорд- та йæ хицаумæ — полицмейстермæ, цы æрцыдис, уый фе- хъусын кæнынмæ. „Куыд уынын, афтæмæй канд мæнæн нæ — æгас горæ- тæн дæр афтæ бахастой листовкæтæ!"—хъуыды кодта Чесноков. 62
Æртæ боны йæ сæр хоста Томскы пъæлицæ: цы ба- кæнæм, зæгъгæ? Бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодтой, стæй, æппынфæстаг, æрхъуыды кодтой. Горæтыл листовкæтæ пырхгонд куы æрцыдысты, уы- мæй æртæ боны фæстæдæр Серёжæ ацыд Горæты упра- вæмæ, инженерæн цæттæ чертёжтæ ахаста. Скодта хур бон. Арвыл иу мигъы къуымбил дæр нæ уыд. „Фæззæджы хуызæн дæр нæу",— ахъуыды кодта Сер- гей, кæм цард, уыцы Кондратьевскы уынгæй сæйраг уынг- мæ куы фæзылд, уæд. Тигъыл, дурæй амад æртæуæладзыгон урс агъуысты раз, къупецаг Второвы стыр дуканийы раз Сергей ауыд- та, гыццыл лæппутæ городовойы алыварс куыд рауай-ба- уай æм’æ гæппытæ кодтой, уый. Семæ уыд Сергейы хæ- лар —йе ’мном дæр. Городовой цыдæр æнахуыр куыст кодта. Иу рудзынгæй иннæ рудзынгмæ цыд, алы рудзын- джы раз дæр-иу йæ къахфындзтыл йæхи хæрдмæ сивæзта æмæ-иу цæмæндæр къулы хуынкъмæ бакаст, суанг ма-иу дзы йе ’ставд æнгуылдз дæр атъыста, æвæццæгæн дзы цы- дæр райсынмæ хъавыд. Пъадвалджын агъуыстыты рудзгуытæ зæххы æмвæз кæм уыдысты, уым-иу городовой дзуццæджы æрбадт. — Йе хорз лæг, хорз лæг! Уæртæ ма уыцы хуынкъ- мæ дæр бакæс! Мысты мард дзы!-—хъæр кодтой æмæ ху- дæгæй мардысты лæппутæ. Городовой-иу æнæуæлæмæ сыстгæйæ йæ боцъоджын сырх цæсгом лæппутырдæм разылдта: 53
— Æз уын цы хъæуа, уый бакæндзынæн, фæлæуут^ куыдзы хъыбылтæ! — йæхæдæг-иу йе ’хсаргардмæ фев- нæлдта. Лæппутæ-иу худæгæймæлгæ æмæ цъæхахстгæнгæ фæй- нæрдæм лидзæг фесты. Фæлæ-иу куыддæр городовой иннæ рудзынджы размæ бацыд, афтæ та-иу лæппутæ йæ алыварс амбырд сты æмæ та йын-иу ногæй амонын райдыдтой: — Хорз лæг, йе хорз лæг! Ракæс-ма! Уæртæ уыцьг хуынчъы та хæлуарæг æд ус цæры! Городовой та-иу ногæй йе ’хсаргардмæ февнæлдта æмæ та-иу сывæллæттæ дæр фæйнæрдæм лидзæг фесты. „Листовкæтæ агуры! — йæхинымæр загъта Сергей. — Агур, агур, тагъд сæ ссардзынæ!" Серёжæ хъуыддагхуызæй цыд уынгты, чертёжы тых- тон йæ къухы тилгæ. Йæ зæрдæ фырцинæй кафыд. Серёжæ зыдта, листовкæтæ къухæй-къухмæ кæй ацыды- сты æмæ сæ хъуыддаг кæй бакодтой, уый. Сæйраг уынджы цытæ федта Серёжæ, раст ахæм хъуыддæгтæ цыд Духов- ской уынджы дæр. Æрмæст ам городовой уыд сау, дын- джырфындзджын æмæ дзыгъуыр. Уый дæр иу къулы хуынкъ дæр æнæсгæрстæй нæ уагъта. Йæ къухы уыд телæй конд даргъ хæдз. Лæппутæ æнæхъæн балæй йæ фæстæ хъæргæнгæ згъордтой иу рудзынгæй иннæмæ. — Хорз лæг, фæлтау æнгуыр æрбахастаис æмæ дыв хуыздæр уыдаид, — хъæр кодта иу бурдзалыг лæппу. Сергей уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд йæ худт нал баурæдта. Цалынмæ городовойтæ рудзгуыты хуынчъыты листов- кæтæ агуырдтой, уæдмæ Томскы губернийы хицау Азан- чевский, пъæлицæйаг листовкæты хабæрттæ кæмæн фехъу- сын кодта, уый, Петербургмæ лæвæрдта ахæм тел: 64
„Карз мадзæлттæ саразын бахъуыд. Листовкæтæ хæс- <сынц комкоммæ хæдзæрттæм". Петербурджы ахæм тел куы райстой, уæд хицæуттæ губернаторæй бацагуырдтой дзуапп: цæуылнæ æрцахстой революционерты, зæгъгæ. Губернатор бирæ фæхъуыды кодта, тел æнцондæр æмбарæн æмæ цыбырдæр цæмæй уа, ууыл. Æмæ радта ахæм дзуапп: „Революционертæн æрцахсæн нæй, уымæн æмæ листов- кæтæ адæм сæхæдæг баппарынц сæхæдзæрттæм". Петербурджы паддзахы чиновниктæ афтæ сфæдис сты, æмæ къамис арвыстой Томскмæ, цы хабæрттæ дзы цæуы, уый базоныны тыххæй. Къамис æрбацыдис Томскмæ, хъуыддæгтæ сбæлвырд кодта, æмæ арвыста бæстон фыст писмо: Томскы горæты фæрсæгтæ афтæ æхгæд цæуынц, æмæ революционертæй чидæр æрхъуыды кодта, цæмæи цæрджытæ сæхæдæг хæц- цæ кæной листовкæтæ сæ хæдзæрттæм. Уый чи æрхъуыды кодта, уый та уыд æстдæсаздзыд лæппу Серёжæ Костриков — Сергей Миронович Киров — диссаджы хорз революционер-большевик. Уый зонынц æмæ бирæ уарзынц æгас советон адæм дæр.
СÆРГÆНДТÆ Бинонтæ • 3 Кулдуар æмæ кърендели 8 Цы бахæрой, уый нæй 12 Приюты 17 Лёшкæ æмæ Васькæ 21 Зын кæнæн хынцинаг . . . . , 27 Чырыныл цæрæг . . 30 Къарцер 37 Листовкæтæ 43 Серёжæ æрбацыд Томскмæ 53 „Хæдзармæ хæсгæ" листовкæтæ 60 66
Антонина Георгиевна Голубева Сережа Костриков РАССКАЗЫ О КИРОВЙ Редактор А. Т. Го лиева Художник У. К. Кануков Худож. редактор В. М. Демуро Тех. редактор Е. У. Датриева Корректоры С. X. Г у т и е в а, В. Т. Д з:о д з и к о в а Сдано в набор 18-1Х-1958 г. Подписано к печа- ти 12-ХМ958 г. Формат бумаги /ОхЭ^^Дб- Печат. листов 4,97. Учетно-изд. листов 3. Заказ ЛЬ 3475. Изд. № 120. Тираж 1000. Цена 2 р. 10 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.
I 6 | ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ $ РАУАГЪДАД у СЫВÆЛЛÆТТÆН ИРОН ÆВЗАГЫЛ 1958 АЗЫ $ РАУАГЪТА АХÆМ ЧИНГУЫТÆ: % % Дзанайты И., Епхиты Т. — Мæгуыр лæг æмæ ?! æлдары фырттæ, аргъау $\ Бæдоаты Хъ.— Джек æмæ бирæгътæ у Цæгæраты М. — Ацырухс, таурæгъ }\ Житков Б.— Цытæ-иу уыди || Бонч-Бруевич В. — Ленин æмæ сывæллæттæ $< Фæрниаты Дз. — Радзырдтæ & Дзесты К. — Хинæйдзаг къæбыла 'ф\ Тайц Я. — Таняйы хæзна 0[ Цæрукъаты В. — Кæмæн цы ^! Хъамбердиаты М. — Хæйрæг Ушинский К. — Дыууæ цæукъайы \\ Дзесты К. — Мæмæты писмо ъ I Ъ 0] Уырымты П. — Сабиты цин \ & Балхæнæн сын ис чиныгуæйгæнæн магазинты. 9 |