Текст
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ
Орджоникидзе* 19 59


ЦВЕТУЩАЯ ГРУЗИЯ ПРОИЗВЕДЕНИЯ СОВЕТСКИХ ГРУЗИНСКИХ ПОЭТОВ И ПИСАТЕЛЕЙ в переводе на осетинский язык. Составила Н. Н. Мамиеза Северо-Осетинское книжное издательство Орджоиикидзе ,; 195У
ГУЫРДЗИАГ СОВЕТОН ЛИТЕРАТУРÆ Гуырдзыйы советон литературæ равзæрдис æмæ рæзыд, бирæ сæдæгай азтæ кæуыл цæуы, уыцы гуырдзиаг литературæйы æх- сæнадон-эстетикон æгъдæутты бындурыл æмæ у хуызæй национ, йæ мидисмæ гæсгæ та социалистон литературæ. Гуырдзиаг советон литературæ зынгæ бынат ахсы бирæнацион советон литературæйы æхсæн. Гуырдзиаг фысджытæ Советон хицаудзинады рæстæджы цы уацмыстæ ныффыстой, уыдоны фе- нæн ис, гуырдзыйы адæм уыцы азты дæргъы цы намысджын фæндагыл цыдысты, уымæн йæ сæйрагдæр къæпхæнтæ. Уыцы аивадон уацмысты ныхас цæуы советон патриотизмыл, нæ бæстæ- йы адæмты хæлардзииадыл, чиныгкæсджыты уыдон разæнгард кæнынц нæ бæстæйы коммунизм аразыныл иузæрдионæй тох кæ- нынмæ. Сæ идейондзинад æмæ хæрзхъæддзинады руаджы уыцы уацмыстæ дарддæр рæзын кæнынц классикон литературæйы хорз- дзинæдтæ. Уыцы поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæн сæ бæрæг- дæр миниуджытæ сты — фæллой кæнынмæ сфæлдыстадон цæс- тæнгас дарын æмæ адæмы хъуыддагыл иузæрдион уæвын. Гуырдзиаг советон поэтты хистæр фæлтæрæн сæ зынгæдæртæ уыдысты Табидзе Галактион, Абашели Александр, Гришашвили Иосиф æмæ Шаншиашвили Сандро. 3
Хистæр фæлтæртæй уæвæг фысджытæн дæр æмæ советон азты рахъомыл уæвæг фысджытæн дæр сæ цæстæнгастæ иу кæй уы- дысты, сæ размæуыцы-иу идейон хæстæ кæй лæууыдæмæ се’ппæт дæр реалистон методы фарс кæй уыдысты, уымæ гæсгæ кæрæдзи- мæ хæстæг æрбалæууыдысты, æмæ уый руаджы алчидæр æнцон- дæрæй ссардта йæхн темæ, йæхи поэтикон сфæлдыстады ма- дзæлттæ. Гуырдзиаг советон литературæйы равзæрд æмæ рæзтæн тынг феххуыс сты ахъаззаг партион документтæ, кæцытæ иттæг хорз æвдисæн сты, парти нын нæ литературæ раст фæндагыл кæй ара- зы, литературæйы партиондзинады ленинон принципæй æцæг сфæлдыстадон хуызы кæй пайда кæиы, уымæн. Советон Цæдисы Коммунистон партийы XX æмæ XXI съездты фæстæ гуырдзиаг фысджытæн сæ размæ ноджы фылдæр фадæт- тæ æмæ фæндæгтæ байгом ис се ’сфæлдыстадон куыст ноджы уæлдæр къæпхæнмæ сисынæн, нæ бæстæйы коммунизм аразыныл комкоммæ чи кусы, уыдонæн ноджыдæр хуыздæр æххуыс кæны- нæн. Æмæ гуырдзиаг советон фысджытæ, уыцы намысджын хæс- тæ æххæстгæнгæйæ, сфæлдыстадон æгъдауæй куыд рæзынц, иде- йон æгъдауæй куыд хъæздыгдæр кæнынц æмæ сæ аивадон арæхст- дзинад хуыздæрæй-хуыздæргæнгæ куыд цæуы, фысджытæ куыд бирæ алыхуызон аивадон фæрæзтæ æмæ сфæлдыстадон мадзæлт- тæй пайда кæнынц, уыдæттæ раргом уыдзысты, хицæн фысджы- ты иуæй-иу уацмыстæм æркæсгæйæ дæр. Поэт Табидзе Галактион тынг амондджын разындис — уый йæхи цæстæй федта Октябры бонтæ Мæскуыйы æмæПетрограды, уым уымæн уыдис «революцимæ хъусыны» фадат. Табидземæ уы- цы революцион бонты цы фыццаг хъуыдытæ æрцыдис, уыдон уый загъта поэмæ «Джон-Рид»-ы. Уыцы поэмæйы «æххæст граждан- наг бартæ лæвæрд цæуы ног æвзагæн». Лоэт йæхи цæстæй уыны «тохмæ бырсæг бонтæ», «къæр-къæргæнгæ пулемет», «горæты æнæхуыссæг цæстытæ», «хъæхъхъаг куитау рæйæг уæладзгуытæ». «Джои-Рид»-æй бæрæг у, революци Табидзе Галактионæн кæй феххуыс и дарддæрмæ уынынæн, цард бæстондæрæй æвдисынмæ арæхсынæн, уæдæй фæстæмæ йе ’мдзæвгæтæ, йæ поэтикæ фæхæрз- хъæддæр сты. Табидзе ног дугмæ, революцион Гуырдзыстонмæ цы цæстæй касти, йе ’сфæлдыстадон нысæнттæ уæд цавæртæ уыдысты, уы- дæттæ уый равдыста «Лирикæйы тыххæй ныхас», зæгъгæ, лири- кон-философон поэмæйы. Сфæлдыстадон куыстмæ Табидзейы уæлдай разæнгарддæр кодтой социалистон царды ног æгъдæуттæ, 4
г^ырдзиаг адæм ног æхсæнад саразыныл куыд зæрдиагæй тох кодтой, уый. Æмæ гъе уæд фæзындысты Табидзейы ног æмдзæв- гæтæ æмæ поэмæтæ «Дунеон оркестр», «Революцион Гуырдзыс- тон», «Дуг», стæй йæ æмдзæвгæты иттæг хорз чингуытæ. Табидзе йе ’сфæлдыстады фæрцы фæндаг ссардта милуангай чиныгкæсджыты зæрдæтæм. «Дунейы фервæзты хабар», дуне- йы революцион ног райгуырды уац Гуырдзыстонмæ æппæ- ты разæй чи схаста, уыцы поэт, йæ музæ хæстыфæстæйы Европæ- йы фæндæгтыл бирæ кæмæн фæхатти, буржуазон. дунейы стыр сахъатдзинæдтæ йæхи цæстæй уынгæйæ, Парижы антифашистон конгрессы Барбюс Анрийы фарсмæ чи лæууыд, уыцы поэт Фыды- бæстæйы хæсты азты дæр та адæмимæ дзурын байдыдта, ре- волюцийы азты куыд дзырдта, афтæ ныфсджын æмæ зæрдæ- бынæй. Табидзе лæууыди гуырдзиаг поэзийы раззагдæр по- зицитыл. Поэтты хистæр фæлтæрæй уыдис курдиатджын фыссæг Ку- чишвили Георгий дæр. Йе ’сфæлдыстадон куыст уый райдыдта куыд кусджыты къласыл зарæггæнæг. Кучишвилийы ног æмдзæв- гæтæн сæ сæйрагдæр мотивтæй иу сси социалистон фæллойады мотив. Фыдыбæстæйы хæсты иыззыланг кодта йæ диссаджы хорз уацмыс — «Фыссæг-æфсæддоны ардбахæрд». Кучишвили амарди 1943 азы, йе ’сфæлдыстадон куыст йæ тæккæ тæмæнмæ куы ба- .\ызти, уæд. Гуырдзиаг советон поэзииы уæлдай бæрæгдæр бынат ахсы Эу- ли (Куридзе) Сандро — пролетарон поэтты хистæр фæлтæрæй иу. Уый фыссын райдыдта 1909 азы. Поэт кæддæриддæр йæ сæйраг хæсыл нымадта дзыллæты революцион зондахаст æвдисын, кус- джыты къласы æрвылбоны цард æмæ куыстадон тохтæ æвдисын. Р1æ поэзи адæймаджы разæнгард кæны ног сгуыхтытæм, ног уæлахиздзинæдтæм. Къорд уацмысы ныффыста Куридзе уæлахи- зон Октябры революцийыл, Октябрь чн бацæттæ кодта, раздæры уыцы романтикон революцион тохтæ æмæ цаутыл. Абашели Александр — гуырдзиаг поэтты хистæр фæлтæрæн сæ зынгæдæртæй иу—рацыдис сфæлдыстадон рæзты вазыгджын фæн- даг. Поэт социалистон революцийы уæлахиздзинæдтæ йæхи цæс- тæй куы федта, уæд йæ зондахаст фæбæлвырд ис æмæ йæ аивадон мадзæлттæ аивта.Абашелийы сфæлдыстады мидæг цард æвдыст цæуы бæстон, цæстыахадгæ хуызы. Поэт цы æмдзæвгæтæ фыссы, уыдонæн сæ архайæг у ног дуджы адæймаг — æрдз æн- дæрхуызонгæнæг, йæ зæрдæ рæсугъд патриотон æмæ интернацио- налон идеалтæй йедзаг кæмæн у, ахæм адæймаг. Абашелийы 5
поэтикон музæ уæлдай тыхджындæрæй йæхи равдыста фыдыбæс- тæйы Стыр хæсты азты. Гришашвили Иосиф фыссын райдыдта реакцийы заман, 1905 азы революци саст куы æрцыдис, гъе уæд. Æмæ уæд йæ иуæй-иу æмдзæвгæты нал хъуысти политикон мотивтæ, поэт йе ’ргом аздæх- та уарзондзинады лирикæмæ. Фæлæ советон царды уавæрты поэт бæлвырд бамбæрста, йæ поэтикон позпцитæ ног дуджы аккаг кæй не ’сты, йе ’сфæлдыстады апп æй цæхгæр фендæрхуызон кæ- нын кæй хъæуы, уый. Æртынæм азтæй фæстæмæ Гришашвили йе ’сфæлдыстады мидæг зары ног, социалистон Райгуырæн бæстæ- йыл. Йæ поэзийы сæйрагдæр темæтæй иу у — адæмты хæлардзи- над æмæ æфсымæрдзинад. Социалистон Райгуырæн бæстæйыл, Гуырдзыстоны рæсугъд æрдзыл, ног адæймаджы зæрдæйы хъæздыг æнкъарæнтыл бирæ хорз уацмыстæ ныффыстой Шаншиашвили Сандро, Табидзе Тициан, Надирадзе Николай. Поэт Яшвили Паоло фылдæр фыста лирикон æмдзæвгæтæ, фæлæ йæм эпикон уацмыстæ дæр ис. Яшвили йе ’мдзæвгæты ны- вæнды, стыр хъаруйы хицау æмæ сæрыстыр чи у, йæ цард бæрæг хъуыддагæн чи снывонд кæны, ахæм хъаруджын адæймæгты су- рæттæ. Яшвили тынг дæсны уыдис пейзаж поэтикон фæрæзтæй равдисынмæ. Революцион тематикæйыл иттæг хорз уацмыстæ фыста Гаприн- дашвили Валериан. Дунейы нсторийæ уый иста, адæм сæ сæри- бардзшГадыл хъæбатыр тох кæм кодтой, ахæм цаутæ. Ие ’сфæл- дыстады стыр бынат ахсы аивады темæ, поэзийы темæ. Иттæг зынгæ поэт Леонидзе Георгий у аивадон дзырды мас- тер, æмæ йын уыцы миниуæджы фæрцы бантысти гуырдзиаг адæмы цард æмæ зæрдæйы ахастытæ йæ поэтикон сфæлдыстады мидæг уæлдай бæлвырддæрæй равдисын. Райсæм, Леонидзе Гуырдзыйы рагон царды тыххæй цы поэтикон цикл ныффыста, уый — «Гуырдзыйы цард». Чиныгкæсæгæн иу иннæйы фæстæ йæ цæстытыл ауайынц, чысыл бæстæйы цæрæг чысыл адæм знæгтæй сæхи бахъахъхъæныны тыххæй куыд хъæбатыр тох кодтой, уый æвдисæг цаутæ. Адæймаг стыр æхсызгонæн кæсы, поэт амонд- джын Советон Гуырдзыстоны тыххæй цы рæсугъд æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон. Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг Леонидзе ныф- фыста, адæймагæн Райгуырæн бæстæ чи уарзын кæны, бирæ ахæм æмдзæвгæтæ. Уыдонæн сæ иу — «Æнкъард ма кæн, мæ мад», — нымад у советон гуырдзиаг поэзийы хæзнайыл. Хæсты фæстæ Леонидзе ныммыхуыр кодта цалдæр ног лири- 6
кон æмдзæвгæйы. Уыцы æмдзæвгæты уый æвдисы фæуæлахизуæ- вæг советон адæмы сабыр цардарæзты куыстытæ, коммунизм аразджыты хъуыддæгтæ («Райкомы секретарь», «Коммунистон арæзтады фæлгонцтæ» æмæ æнд.). Чиковани Симоны поэтикон фæндаг уыдис вазыгджын фæн- даг. Йæ мид-зæрдæйы ныхлæуддзинæдтыл уæлахиз кæнгæйæ, поэт куыдфæстæмæ бæстон, реалистон хуызы æвдисын байдыдта кæ дуджы цард. Историон æрмæг Чикованийы сфæлдыстады æз- дыст цæуы бæрæг хицæнхуызон мадзæлттæй, абоны цæстæй кæс- гæйæ. Æмæ поэт рагон хабары фæдыл, Гурамишвили Давиды сгуыхт хъуыддæгты тыххæй цы поэмæ ныффыста, уый дæр абон уымæн афтæ актуалон у. Гурамишвилийы тыххæй кадæг гуырдзиаг советон поэзийы ахсы зынгæ бынат. Чиковани йæ поэмæйы дзуры дыууæ хъуыддагыл: райгуырæн бæстæ уарзыныл æмæ адæмты хæлардзинадыл. Уыцы темæтæ сæ дыууæ дæр æвдыст æрцыдысты хорз аивадон мадзæлттæй. Гуырдзыйы Советон республикæ арæзт куы æрцыд, раст гъе уæд фыссын райдыдта М’ирцхулава (Машашвили) Алио. Мирц- хулава, стæй йе ’мгар поэттæ Каладзе Карло, Лордкипанидзе Константид æмæ æндæртæ гуырдзиаг поэзимæ бахастой фæс- комцæдисон æнувыддзинад, ног мидис, се ’сфæлдыстад уыдон æнгом сбастой ног цардимæ. Мирцхулава у гуырдзиаг советон поэзийы бындурæвæрджытæй иу. Мирцхулавайы поэзи тынг æн- гом баст у боны ахъаззагдæр хæстимæ. Уымæн йæ революцион разæнгарддзинад гуыры, адæмы размæ цы ног хæстæ æрлæууы, уыдонæй. Йæ алы æмдзæвгæйæн дæр ис бæлвырд нысан, алы Уацмысæй дæр зыны, автор кæй у большевик-гражданин. Мирц- хулавайы уацмысты бæрæг дарынц ахæм миниуджытæ, куыд зæрдæбынæй арæзт стих, политикон æмæ поэтикон цыргъдзинад, тохгæнæг публицистикæйы зондахаст. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ Абашидзе Ираклий мыхуыр кæнын байдыдта 1928—1929 азты. Уæдмæ нæ бæстæйы æрцыди стыр историон ивддзинæдтæ. Уыцы заманæн йæ зынгæдæр миниуæг уыдис уый, æмæ социализм ныббырст кæй сарæзта царды ба- зæрондуæвæг, налхъæуæг æгъдæутты ныхмæ. Абашидзейы поэзи- йы зынгæ бынат бацахста, Райгуырæн бæстæ æмæ адæмы раз йæ хæс хорз чи бамбæрста, ахæм гражданины обрæз. Абашидзейы поэзи нын æвдисы бæгъатырты фæлтæры зондахаст. Уыимæ Абашндзе суанг йæ фыццаг уацмыстæй, уалдзæг æмæдидинджы- ты тыххæй, денджыз æмæ уарзондзинады тыххæй цы рæсугъд æм- 7
дзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй бæлвырд равдыста, иттæг хорз лирик кæй у, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Ираклий фылдæр фыста патриотон темæтыл. Уыцы рæстæджы фыст æмдзæвгæты бæрæг дарынц Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ сидыны мотивтæ. Куыдфæстæмæ Абашидзейы æмдзæвгæты æргомæй-æргомдæр зынын байдыдта хъæбатыр æфсæддоны реалистон сурæт. Дзыр- дæн зæгъæм, ахæм у æмдзæвгæ «Капитан Бухаидзе», кæцы æн- гом баст у гуырдзиаг фольклоры хуыздæр традицитимæ, æмæ дзы афтæмæй адæмы бæгъатырдзинад æмæ советон патриотизм æвдыст æрцыдысты аив поэтикон фæрæзтæй. «Хор кæрдыны зарæг», «Райдзаст Гуры бæстæ», «Цуанæтты æхсæвтæ» — ахæм нæмттимæ мыхуырæй рацыдысты, Ираклий хæстыфæстæйы рæстæджы цы æмдзæвгæты циклтæ ныффыста, уыдонæн сæ зынгæдæртæ. Æппæт уыцы æмдзæвгæтæн сæ мидис у — советон адæмы намысджын фæллой Фыдыбæстæйы Стыр хæстыфæстæйы рæстæджы. Сфæлдыстадон куыст, сабыр цард, хæлардзинад — гъе ахæмтæ сты Абашидзе Ираклийы хæсты- фæстæйы поэзийы сæйраг мотивтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Абашидзе Гри- гол уыдис арæхстджын поэт. Уæдмæ уый ныффыста хорз исто- рион-революцион поэмæ «Уалдзæг сау горæты», стæй ноджы бирæ лирикон æмдзæвгæтæ, æмæ æрлæууыди гуырдзиаг поэзийы раззагдæр рæнхъыты. Фыдыбæстæйы хæсты бонты Абашидзе Григолы æмдзæвгæтæ æххæст кодтой кадджын хæс — разæн- гард кодтой, нæ бæстæйы иннæ адæмты хъæбултимæ Кав- каз бахъахъхъæныныл чи тох кодта, уыцы гуырдзиаг æф- сæддонты. «Ленин Самгоры», зæгъгæ, æмдзæвгæты циклы тыххæй Гри- голæн лæвæрд æрцыди Сталинон преми. Сгуыхтдзинæдтæ йæ къу- хы æфты сов<:тон эпос аразыны хъуыддаджы дæр (поэмæтæ «Æнæбасæтгæ Кавказ» æмæ «Мад»). Гуырдзыстоны зынгæдæр поэттæй иу — Каладзе Карло — йе ’мдзæвгæты æвдисы Цытджын Октябры революцийы æмæ нæ бæстæйы социалистон ивддзинæдты стыр ахадындзинад. Каладзе Фыдыбæстæйы хæсты бонты цы бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста, уы- донæй уый адæмы разæнгард кодта Райгуырæн бæстæ уарзынмæ, æвдыста советон æфсæддонты бæгъатырдзинады хъуыддæгтæ. Сабыр дуджы рæстæджы сфæлдыстадон фæллойады циндзинад, ног Зольшевикон уалдзæджы улæфт бæрæг сты, Каладзе хæсты- фæстæйы азты цы æмдзæвгæтæ фыссы, уыдоны. «Ногæй та мæ 8
райгуырæи бынæтты», зæгъгæ, æмдзæвгæты циклы йæ геройтæ намысджын куыст кæнынц, Райгуырæн бæстæ ноджы хъæздыг- дæр æмæ домбайдæр цæмæй кæна, уый тыххæй. Каладзейы æм- дзæвгæты рæсугъд æвдыст цæуы Гуырдзыстоны пейзаж, лæп- пу адæймаджы зæрдæйы хатт, намысджын фæллой кæнынмæ тырнындзинад. Бæрæг хицæнхуызон хъæлæс ис поэт Гомиашвили Александ- рæн. Уый райгуырди Гуырдзыстоны хæххон районты, хорз зоны гуырдзыйы адæмон сфæлдыстад, дарддæр рæзын кæны Важа Пшавелайы традицнтæ. Поэзимæ уый бахаста, йæ райгуырæн хæхбæсты æрдзы тызмæг уавæртæ адæймаджы цыч стыр ныфс, хъару æмæ хъæбатырдзинадыл ахуыр кæнынц, уыдоны тæваг. Поэт æхсæры къæрццау бæлвырд бæрæг æмæ тыхджын ныхæстæ ссары рагон бæстæйы «ног удыхъæд» æмæ ног пейзажтæ равди- сынæн. Гомиашвили ныфсджын у адæмæй, уырны йæ, социализм аразæг адæмæн сæ бон кæй у, дзыллæты фæллойадон хъæбатыр- дзинад чи æвдисдзæнис, ахæм ног бæгъатырдзинады эпос сфæл- дисын. Уын ныффыста балладæты æмæ сюжетджын эпикон æм- дзæвгæты цикл. Цайгæрдæджы плантациты сгуыхт кусджытыл, бæрзонд хорæрзадыл тохы раззагдæртыл, коммунизм аразыныл чи тох кæны, уыдоны æрвылбоны уæлахиздзинæдтыл, Советон Цæдисы адæмты æфсымæрон хæлардзинадыл зарынц се ’мдзæвгæты курдиатджын поэттæ Берулава Хута, Качахидзе Георгий, Мрев- лишвили Маквала. Сæ уацмысты руаджы гуырдзиаг поэзийы фæхъæздыгдæр кодтой поэттæ Мосашвили Ило, Абхаидзе Шалва, Кутатели Александр, Чичинадзе Константин, Габескирия Виктор, Гачечила- дзе Давид, Бобохидзе Кале, Вардошвили Харитон æмæ æндæртæ дæр. Советон гуырдзиаг поэзийы уæлдай бæрæг бынат ахсы Октябры æмгар уæвæг поэтты сфæлдыстад. Сæ фыццаг къах- дзæфтæ уыдон райдыдтой хæсты размæ, фæлæ æцæг поэтикон ифтонгдзинад равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бонты. Уы- цы фæлтæрæй сты ахæм курдиатджын поэттæ, куыд Нонешвили Иосиф, Маргиани Реваз, Шенгелиа Алеко, Челидзе Отар æмæ æн- дæртæ. Ацы ран ма зæгъын хъæуы Лебанидзе Мурманы, Джан- гулашвили Теймуразы æмæ Амисулашвили Шалвайы нæмттæ— уыдон сæхæдæг уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохгæнæг æфсады рæнхъыты. Октябры æмгар поэтты сфæлдыстад тынг фæ- цыдис чиныгкæсджыты зæрдæмæ. Уыцы поэттæй алчидæр лите- 9
ратурæмæ æрбахаста йæхи темæ, йæхи æнкъарæнтæ æмæ хъуы- дытæ. А фæстаг азты гуырдзиаг поэзимæ æрбацыди бирæ ног поэттæ, æмæ уыдонæй алчидæр зары йæхи сæрмагонд поэтикон хъæлæ- сæй. Уыцы фæлтæрæй, сты поэтессæтæ Каландадзе Анна, Киласо- ния Нази, Кахидзе Медея, поэттæ Мачавариани Мухран, Квливи- дзе Михаил, Чиладзе Тамаз, Гурешидзе Нодар, Поцхишвили Морис, Нишнианидзе Шота æмæ æндæртæ. Гуырдзиаг советон поэзийæн йæ тематикæ а фæстаг азты зын- гæ фæуæрæхдæр ис. Поэт уынын байдыдта дарддæрмæ, йæ лири- кон герой ахызти национ арæнтыл æмæ ныхас кæнын байдыдта Советон Цæдисы иннæ æфсымæрон адæмтимæ, зæххы къорийы æппæт адæмтимæ. Уымæн нын æвдисæн сты Нонешвили Иоснфы æмдзæвгæтæ Казахстаны тыххæй, Шенгелиа Алеко æмæ Квливи- дзе Мйхаилы æмдзæвгæтæ Уæрæсейы тыххæй, Леонидзе Георгийы æмдзæвгæтæ Венгрийы тыххæй, Абашидзе Ираклийы æм- дзæвгæтæ Индийы тыххæй, Мирцхулава Алиойы æмæ Берулава Хутайы æмдзæвгæтæ Китайы тыххæй æмæ æндæртæ дæр. Советон гуырдзиаг прозæйы хорз æвдыст æрцыд, нæ бæстæйы цард, къæпхæнæй къæпхæнмæ хизгæйæ, куыд рæзыдис, уый. Но- джы бæлвырддæрæй дзы æвдыст æрцыдысты, адæмы царды ивд- дзинæдтимæ адæм сæхæдæг дæр куыд æндæрхуызонгæнгæ цы- дысты, ног адæймаг куыд хъомыл кодта, йæ удыхъæд куыд фи- дар кодта, уыдæттæ. Гуырдзиаг прозаиктæ сæ дæсныдзинад уæлдæрæй-уæлдæр къæпхæнмæ исгæйæ, цы бирæ уацмыстæ ныф- фыстой, уыдоны æвдыст æрцыди гуырдзиаг адæмы ивгъуыд цард дæр æмæ ныры дуг дæр, хъæууон хæдзарады коллективизаци дæр, намысджын фондзазонтæ дæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр æмæ хæстыфæстæйы арæзтад дæр — нæ бæстæйы социализм æмæ коммунизм саразыныл адæм æнæрынцойæ цы тыхджын сфæлдыстадон куыст кодтой æмæ кæнынц, уый æппæт этаптæ дæр. Абоны гуырдзиаг прозæйы фæрсæй-фæрстæм кусынц, йе ’сфæл- дыстадон биографи Октябры революцийы размæ кæмæн райдыд- та, ахæм зæронд мастертæ æмæ, литературæмæ Советон хицау- дзинады рæстæджы чи æрбацыд, уыцы фæлтæр. Хистæр фæлтæрæй сты ахæм хъуыстгонд фысджытæ дæр, куыд Дадиани Шалва, Лордкипанидзе Никъо, Джавахишвили Михаил, Киачели Лео. Уыдонæй алчидæр бирæ уацмыстæ ныффыста, Гуырдзыстоны Советон хицаудзинад куы æрфидар ис, уый агъом- мæ дæр. 10
Революцийы агъоммæйы гуырдзиаг прозæйы зынгæ архайæг Лордкипанидзе Никъо йæ уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыдта 1902 азы. Къорд азты дæргъы уый фыста декадентон уацмыстæ, фæлæ йын 1926 азы цы радзырд мыхуыргонд æрцыдис, «Алчер цуаны», зæгъгæ, уымæй фæстæмæ уый бæлвырд æрлæууыдис реализмы позицитыл. Гуырдзиаг чиныгкæсджытæ радзырд «Алчер цуаны» тынг уар- зынц, уымæн æмæ фыссæджы хорз миниуджытæ ацы радзырды уæлдай æргомдæрæй рабæрæг сты. Аивадон уацмысæн йæ сæйраг арæзтадон æрмæг дзырд кæй у, уый зæрдыл даргæйæ, Лордки- панидзе бирæ дзырдты æхсæн кæддæриддæр фæагуры, фыссæджы хъуыды,_кæнæ ныхас кæуыл цæуы, уыцы фæзынд, уыцы факт æп- пæты хуыздæр чи равдисдзæннс, уыцы дзырдтæ. Афтæ фыст у «Алчер цуаны» дæр. Уыимæ ацы радзырды æвдыст æрцыдн фыссæджы цардбæллондзинад, авторы хъæлдзæг зæрдæйы хатт. Алчерæн фехъусын чындæуыд, иу хъæуы сауджын цуан фæ- кæны, зæгъгæ. Алчер уыцы хъæумæ араст ис. Уый хъуамæ сбæлвырд кæна, уыцы койтæ æцæг сты æви нæ, æмæ æцæг куы разыной, уæд сауджыны карз бафхæрдзæн. Алчер уыцы хъæумæ куы бахæццæ, уæд сауджын æцæгдæр уыд йæ тæккæ цуангæн- гæйæ, æмæ тæрхъус алчерыл куы слыгъди, уæд алчер дæр йæхи нал баурæдта æмæ йæ сурын систа. Радзырд тынг дæсны фыст у. Хицæн цауæй — алчеры царды лыстæг хабарыл дзургæйæ, фыс- сæг æвдисы, царды хъуыддæгтæ адæймаджы сæхимæ куыд тых- джынæй здахынц, уый. Лордкипанидзе Никъо цы бирæ повесттæ ныффыста, уыдонæн уый равдыста гуырдзиаг адæмы рагон цард, фыд-зæрдæ феодал- ты æнахъинон митæ, зæхкусæг дзыллæты хъизæмар æмæ адæмы æнусон бæллицтæ. Лордкипанидзе уыдис новеллæйы дæсны мас- тертæй иу. Иннæ зынгæ гуырдзиаг прозаик Джавахишвили Михаил дæр йæ фыццаг уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыдта ацы æнусы рай- дианы. Фæлæ æцæг аивадон фыссæг уый сси, Советон хицаудзн- над Гуырдзыстоны куы æрфидар и, уый фæстæ, гуырдзиаг лите- ратурæйы мидæг хуыздæр историон романтæй иу—«Марабдæйаг Арсен» куы ныффыста, гъе уæд. Джавахишвили раст аргъ скодта, Арсен цы дуджы цардис, уымæн, равдыста, царды æгъдæуттæ чердæм рæзыдысты, уый. Хъазайраг зæхкусæг Арсен æрлæууыдп, помещикты ныхмæ æнауæрдон тох самайынмæ чи сыстад, уыцы зæхкусджыты сæргъы æмæ бакодта иттæг стыр хъæбатырдзина- ды хъуыддæгтæ. Йæ бирæ радзырдты Джавахишвили æвдисы 11
рæстзæрдæ фæллойгæнджыты цард, æхсæнад кæнæ æрдз царды хорздзинæдтæй æнæхай кæй фæкæны, уыдоны тухитæ. Дзырдæн зæгъæм, ацы чиныджы йын цы радзырд мыхуыргонд ис, «Байрæ- джы кодта», зæгъгæ, уый кæсгæйæ, чиныгкæсæг базонгæ уыдзæн фыссæджы стыр курдиатимæ, фыссæг йæхи сфæлдыст аивадон обрæзтæн сæ мид-зæрдæйы цард куыд арæхстджынæй æвдисы, уыимæ. Фыссæг тынг хорз равдыста, радзырды сæйраг архайæг— æстдæсаздзыд куырм чызг Тинæйы цард, йæ тухитæ æмæ зæрдæйы бæллицтæ. Тинæ кæд уынгæ ницы кодта, уæддæр æнæ- >ый æнкъарæнтæй æххæст уыд, æмæ туг йæхионтæ кодта. Нæлгой- маджы къухыл-иу æнæнхъæлæджы куы андзæвыд, уæд-иу йæ буар ныддыз-дыз кодта. Æрцыди ахæм сахат дæр, æмæ куырм чызг бавзæрста уарзондзинад, æфсæйнаг фæндаджы кусæг Соло- йы бауарзта. Йæ зонд йæ коммæ нал касти, артуадзæг былтæ сæхæдæг нæлгоймаджы былтæ агуырдтой. Бирæ бонтæ нал ра- цыд, афтæ Тинæ хорз дохтырыл сæмбæлд æмæ йæ цæстæй ракас- ти. Куыд бакæндзæнис чызг ныр, йæ цæстæй куы ракастис, уæд? Йæхицæн царды æмбалæн рæсугъд лæппу Кбачайы равзардзæн æви, бирæ хистæр дзы чи у, уыцы фыдынд æмæ сахъатджын Солойы нал ныууадздзæн? Автор аивадон мадзæлттæй тынг хорз- равдыста чызджы мид-зæрдæйы тох. Чызг йæ сæрмæ не ’рхаста йæ дзырд фæсайын, дунейы рухс кæй руаджы федта, уыцы адæймагыл — Солойыл йæхи атигъ кæнын. Чиныгкæсæджы зæр- дæмæ ацы радзырд уæлдай тынгдæр уымæн цæуы, æмæ авторæн йæ бон баци æрыгон сылгоймаджы сыгъдæг удыхъæд хорз рав- дисын. Джавахишвили дæсны уыдис сюжет аразынмæ, цаутæ радзу- рынмæ, йæ уацмыстæ фыст сты хъæздыг æвзагæй. Гуырдзиаг аивадон дзырды стыр мастер, прозаик, драматург, зынгæ театралон æмæ æхсæнадон архайæг Дадиани Шалва гуырдзиаг литературæйæн балæвар кодта бирæ алыхуызон ахъаз- заг уацмыстæ. йæ фæстаг уацмыс у историон роман «Гвиргвилиа- нийы бинонтæ». Уыцыроманы ныхас цæуы, гуырдзиаг адæм 1905 азы революцийы агъоммæ куыд цардысты, ууыл. Роман идейон æмæ аивадон æгъдауæй у хæрзхъæд, чиныгкæсæгæн дæтты бирæ зонындзииæдтæ, æмæ йæ фæкæсынц тынг æхсызгонæн. Киачели Лео, зæронддæр гуырдзиаг фысджытæй иу, йæ лите- ратурон куыст райдыдта декадентон новеллæтæ фыссынæй. Фæлæ йæм революцион цауты тæваг куы бахæццæ, уæд æрлæууыди реализмы позицитыл. Фыццаг дунеон хæсты рæстæг уый ныффыс- 12
та гуырдзиаг прозæйы хуыздæр уацмыстæй иу—«Голуа Тариэл» æмæ дзы аивадон обрæзтæй равдыста 1905 азы революцион цау- тæ. Киачели бирæ фыссы. «Туг», зæгъгæ, романы уый æвдисы, 1905 азы революцийы фæстæ нæ бæстæйы цы æхсæнадон полити- кон цаутæ рапарахат сты, уыдон. Нæ бæстæйы колхозон цардæвæрд куыд фæуæлахиз ис, уый Киачели равдыста роман «Гвади Бигва»-йы. Уыцы роман тæлмац- гонд æрцыд уырыссаг æвзагмæ, стæй бирæ фæсарæйнаг æвзæг- тæм дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Киачели ныффыста роман «Хохаг лæг», кæцы нымад у нырыккон гуырдзиаг прозæйы æппæты хуыздæр уацмыстæй иуыл. Уым фыссæг дæсны мадзæлт- тæй равдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бонты цаутæ, советон адæм иемыцаг фашистты ныхмæ куыд хъæбатыр тох кодтой, уы- дæттæ, хорз сныв кодта Советон Цæдисы адæмты хæлар- дзинад. Гуырдзиаг зынгæдæр прозаик Гамсахурдия Константин цы бн- рæ радзырдтæ æмæ романтæ ныффыста, уыдон æвдисынц гуыр- дзиаг адæмы историйы намысджын хъуыддæгтæ дæр æмæ йæ нырыккон" цард дæр. Романтæ «Давид Аразæг» æмæ «Арæхст- джын мастеры рахиз къух»-ы фыссæг сныв кодта гуырдзиаг адæ- мы рагон царды бонтæ. Зæгьын хъæуы уый, æмæ Гамсахурдияйы сфæлдыстады мидæг историон романтæ кæй ахсынц стыр бынат, йæ ном ын тынгдæр уыдон айхъуысын кодтой. Æмæ йе ’ппæт историон романтæй дæр зыны, фыссæг хорз кæй фæзоны, цы дугыл фыссы, уый хицæндзинæдтæ, йæ социалон тыхты равæрд, гуырдзиаг адæмы æмæ сæ сыхаг адæмты историтæ. Йæ роман «Арæхстджын мастеры рахиз къух» тæлмацгонд æмæ уагъд æр- цыди францусаг æвзагыл. «Мæйы раскъæфт», зæгъгæ, стыр æмæ дæсны фыст романы фыс- сæг æвдисы, ног цард æмæ зæронд æгъдæутты æхсæн цы карз тох цæуы, уый. Уыцы романы фæрстыл Гамсахурдия сныв кодта кол- хозон змæлды фыццаг азтæ Гуырдзыстоны, хъæуты мидæг уыцы рæстæг цы карз кълассон тох цыдис,- уый. Йæ нырыккон роман «Сæнæфсиры тала дидинæг æфтауы»-йы архайджытæ сты æх- сæнады æппæт фæлтæрты минæвæрттæ — гуырдзиаг интеллигенци æмæ колхозон зæхкусджытæ, фæсивæд æмæ партион кус- джытæ. Бæрæг хицæнхуызон бынат ахсы гуырдзиаг прозæйы Клдиаш- вили Серго. Клдиашвили йæ радзырдты сарæзта рæстзæрдæ сове- тоц фæллойгæнджыты бирæ обрæзтæ, æвдисы дзы ныртæккæйы царды цаутæ. Уыцы радзырдтæ, стæй йæ повесттæ «Сыгъдуат», 13
«Тухарели Ириэла» æмæ æндæртæ чиныгкæсæджы зæрдæмæ тынг цæуынц, адæм сæ фæкæсынц æхсызгонæн. Бирæ алыхуызон темæтыл фыст сты зынгæ гуырдзиаг про- заик Шенгелая Демнайы уацмыстæ. Йæ романты æмæйæрадзырд- ты уый ныв кæны колхозон зæхкусджыты, сфæлдыстадон интел- лигенцийы æмæ кусджыты къласы минæвæртты обрæзтæ. Йæ зынгæдæр романтæ сты «Санавардо» æмæ «Кекия Бата». Йæ радзырд «Хæзна» у, гуырдзиаг литературæйы а фæстаг азты цы радзырдтæ фæзынд, уыдонæн сæ тæккæ хуыздæртæй иу. Уым хора æвдыст æрцыдысты советон адæймаджы зондахасты æмæ зæрдæ- йы конды ивддзинæдтæ. Кутатели Александр йæ радзырдты равдыста колхозон зæх- кусджыты æмæ фæллойадон интеллигенцийы цард. Йе ’стыр ро- ман «Лæгæй-лæгмæ»-йы та дзуры, гуырдзиаг адæм сæ бæс- тæйы Советон хицаудзинад сæвæрыныл куыд тох кодтой, уый тыххæй. Нырыккон гуырдзиаг прозаиктæй иу — Лордкипанидзе Конс- тантин цы бирæ радзырдтæ ныффыста, уыдон æвдисынц советон адæймаджы социалистон зондахаст, Советон Цæдисы æфсымаз- рон адæмты хæлардзинад, коммунистон æхсæнад аразыны цыт- джын хъуыддаджы чи бацыд, уыцы фæллойгæнæг адæймæгты хъысмæттæ. Лордкипанидзе тырны, йæ æнувыд куыст, йе ’сгуыхтдзинæдтæ æмæ йе ’гъдæуттæй иннæтæн фæзминаг чи хъуамæ суа, ахæм геройты сурæттæ ныв кæнынмæ. Фыдыбæстæйы хæсты уæвгæйæ, Лордкипанидзе къорд ра- дзырдтæ æмæ очерктæ ныффыста хæсты геройты тыххæй. Лордкипанидзейæн йе ’стырдæр сфæлдыстадон æнтыстдзина- дыл банымайын хъæуы йæ хъуыстгонд роман «Колхидæйы сæуæхсид». Уым раст æвдыст æрцыдис мæгуыр зæхкусæг дзыл- лæты тох кулакты æмæ фæстæзад элементты ныхмæ, æвдыст дзы • æрцыди, уыцы тохæн парти цы раст разамынд лæвæрдта, уый. Роман «Колхидæйы сæуæхсид» тæлмацгонд æрцыди бирæ фæ- сарæйнаг æвзæгтæм. Лордкипанидзе Константин æдзухдæр йæ хъус дары советон æхсæнады ныры царды актуалон фарстатæм, йе ’сфæлдыстады мидæг æвдисы ныры царды хъуыддæгтæ. Фæлæ йын ацы чины- джы цы радзырд ис—«Гураг таурæгъ», зæгъгæ, уым æвдыст æр- цыд паддзахы рæстæджы цардæй ист иу хабар. Авторæн йæ зæр- ды уыдис, социалистон реализмы бындурæвæрæг Максим Горький йæ фыццагдæр уацмыстæй иу куыд æмæ цæй фæдыл ныффыста, уый сныв кæнын. Зындгонд куыд у, афтæмæй «Гураг таурæгъæн» 14
йæ бындуры ис æцæг историон хабар—1892 азы Гуры дыууæ зæхкусæг лæджы куыд æрцауыгътой, уый. Фыссæг йæ радзырдæн скодта хорз политикон бындур, равдыста зæхкусджыты æбар- дзинад, помещикты æгæнон митæ. Уыимæ дзы æвдыст æрцыд, дыууæ мæгуыр зæхкусæджы æрцауыгъды æбуалгъ хъуыддаг Сталины æмæ Горькийы политикон æмбарындзинадыл куыд фæ- зындис, уый. Уыдон уыцы рæстæджы Гуры уыдысты. Гуырдзиаг критикæ радзырдæн скодта стыр аргъ. Гуырдзиаг прозаикты хистæр фæлтæры æхсæн зынгæ бынат ахсы Белиашвили Акакий дæр. Уый у бирæ хорз новеллæты æмæ радзырдты автор. Йæ уацмысты мидæг бæрæг дарынц ахæм миниуджытæ, куыд зæрдæмæдзæугæ хъæлдзæгдзинад æмæ хи аивадон почерк, ратаурæгъ кæнынмæ арæхстдзинад; чиныгкæсæ- джы æрфæнды, фыссæг цы цаутыл дзуры, уыдон ноджы бæл- вырддæр базонын. Белиашвили ныффыста дыууæ стыр историон романы: «Габаш- вилн Бесикъойы цард» æмæ «Сызгъæрин цатыр». Фыццаг романы ныхас цæуы, гуырдзиаг паддзах Иракълий раст фæндыл куыд ныллæууыд æмæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæи бастдзинæд- тæ куыд фидар кодта, ууыл, дыккаг романы та автор равдыста Хурныгуылæн Гуырдзыстоны цард æмæ æгъдæуттæ гъеуыцы историон дуджы (XVIII æнусы дыккаг æмбис). А фæстаг азты та Белиашвилийæн мыхуырæй рацыди дыууæ романы— «Æфцæгыл» æмæ «Рустави». Дыккаг роман фыст утынг актуалон темæйыл. Уый дзуры, Гуырдзыстоны зæххыл незаманты дуджы цы горæт уыд, Рустави, зæгъгæ, уый бынаты цы ног социалистон горæт сæвзæрдис, ууыл. Фыссæг аивадон мадзæлттæй ныв кæны, горæт куыд арæзт цыд æмæ уыцы арæзтады алфам- былай цы цаутæ цыдис, уыдон. Роман «Рустави»-йы ахадындзи- над уæлдай фылдæр кæны уый тыххæй, æмæ гуырдзиаг литера- т>рæйы нырма бирæ нæма ис, Гуырдзыстоны кусджыты къласы цард æмæ разæнгард куыст куыд æмбæлы, афтæ чи æвдисы, ахæм уацмыстæ. Ацы чиныгмæ Белиашвилийæн хаст æрцыди йæ радзырд «Циалæ». Уый у йæ хуыздæр радзырдтæй иуыл нымад. Автор уым ратаурæгъ кодта, паддзахы заман иу мæгуыр зæхкусæг лæг йæхицæн лæппу фенынмæ куыд бæллыд æмæ йын фæд-фæдыл чызджытæ куыд гуырдис, уый хабар. Лæппумæ уымæн бæллыд, æмæ хæххон зын цард æмæ зын куыстыты лæппу йæ фарсмæ æр- лæууынхъом уыдаид. Дæсæм чызг ын куы райгуырдис, уæд лæг иæ маст æмæ йæ фыртыхстæй йæхи амарыны онг сси. Уыцы 15
ззман хъæумæ æрцыдысты сырх партизантæ, Советон хидаудзи- над ралæууыны хабар ын фехъусын кодтой æмæ чызгыл сæвæрд- той ном Циалæ—ома Æрттиваг, Советон хицаудзинад фæллой- гæнæг адæмæн йемæ цы рухс цард хаста, уый нысанæн. Æмæ хъуыддæгтæ æцæг афтæ рауадысты. Советон хицаудзинад Гуыр- дзыстоны куы æрфидар ис, уæд фæллойгæнджыты цард цæхгæр фендæрхуызон, уыдон райдыдтой хъæздыг цард кæнын. Бирæ чызджыты фыд цы зæхкусæг уыд, уымæй йæ мæстытæ æмæ йæ тухи цард ферох сты. Йæ хæдзары уавæртæ афтæ аивтой, æмæ Циалæйæн фадат фæци йæхи фæллойæ пианинæ балхæнын æмæ йæ сæ хохаг хъæумæ æрбаласын. Чысыл радзырды мидæг автор хуымæтæджы ныхæстæй равдыста, зæхкусджыты цард Советон хицаудзинады дуджы бындзарæй куыд фендæрхуызон ис, уый. А фæстаг рæстæг чи сырæзыд æмæ гуырдзиаг прозæйы кад- джын бынат чи бацахста, уыцы фысджытæй хицæнæй зæгъын æмбæлы Джапаридзе Резойæ æмæ Донжашвилн Тинæйæ. Донжашвилийы роман «Алазаны былтыл» æвдисы, хæсты- фæстæйы рæстæджы гуырдзиаг хъæуты цард куыд тагъд рæзын байдыдта, колхозон зæхкусджытæ куыд иузæрдион куыст кæнынц, уый. Автор йе ’ргом уæлдай тынгдæр аздæхта æхсæнадон царды актуалон проблемæтæм. Колхозон фæллойы бындурыл æвзæрынц æмæ фидар кæнынц ног ахастдзинæдтæ, ног зæрдахастытæ, иог ядæм, æмæ уыдон æнауæрдон тохы бацæуынц, ранæй-рæтты ма ныгъуылдæй чи цæры, уыцы ивгъуыд талынг æгъдæутты ныхмæ. Авторы хъуыды афтæ у, æмæ, ома, адæмæй чи ахицæн уа, адæми- мæ баст чи нал уа, уый кæд цыфæнды хорз курдиатджын раза- монæг уыдис, уæддæр фæстагмæ иуварсгонд æрцæудзæн, уый тыххæй æмæ йын æнæ ныггалиутæ уæвæн нæй, хъуыддагæн цæлхдур фестдзæни. Æцæг разамонæг уæвын кæй фæнды, уьш хъуамæ кæддæриддæр адæмимæ уа, хъуамæ уæхски-уæхскæй цæуа сæ фарсмæ æмæ сæ афтæмæй размæ кæна. Донжашвилийæн йæ бон баци уыцы раст хъуыды аивадон мадзæлттæй рав- дисын. Джапаридзе Резойы роман «Салдаты идæдз»-ы ныхас цæуы хæстыфæстæйы рæстæджы колхозон хъæуыл. Фыссæг раст ба- фипиайдта, романы сæйраг архайæг чи у, уыцы сылгоймаг цы æцæг конфликттæ æмæ зындзинæдтыл æмбæлди, уый, æмæ рав- дыста, зындзинæдтыл фæуæлахиз уымæн куыд феххуыс и уæрæх сфæлдыстадон фæндагмæ рацæуынæн. Джапаридзе хорз зоны колхозон царды фадæттæ, колхозонты цардыуаг. Уый сæм кæсы 10
æцæг нывгæнæджы цæстæй æмæ колхозы царды æнæхъæн нык. хатгай равдисы æрмæст иу-цалдæр бæрæг деталæй. Гуырдзиаг адæмы ивгъуыд цард чи æвдисы, ахæм бирæ ра- Дзырдтæ ныффыстой Гветадзе Ражден æмæ Сулиашвили Давид. Уыцы радзырдты ныхас цæуы, паддзахы хнцауад æмæ меньшевик- ты æлдариуæгад аппарыныл æмæ адæмон хицаудзинад сæвæры- ныл кусджыты кълас æмæ зæхкусджыты куыд карз тох кæнып бахъуыдис, ууыл. Лисашвили Якинтейы хуыздæр уацмыс «Кецховели Ладо> дæр фыст у историон-революцион темæйыл. Романы нывгонд æр- цыди, адæмы амонды тыххæй йæ цард чн ауæлдай кодта, уыцы сгуыхт æмæ хъæбатыр большевик Кецховелийы диссаджы ро- мантикон цард. Лисашвили ма «Иузæрдиондзинад», зæгъгæ, цы æндæр роман ныффыста, уымæн йæ геройтæ сты Фæскавказы металлургон заводы раззагдæр кусджытæ, инженертæ æмæ тех- никтæ. Автор æвдисы заводы æрвылбоны хъуыддæгтæ, алы наци- тæй уæвæг кусджытæ сæ куыст æмæ сæ цард иумæ куыд хæла- рæй аразынц, уый. Хъæздыг тематикæ æмæ арæхстджын аивадон мадзæлттæ ,бæрæг сты хистæр фæлтæрæй уæвæг прозаикты—Лория Пармены æмæ Тавадзе Солæманы сфæлдыстады. Уыдон цы романтæ ныф- фыстой, уым æвдыст æрцыди интеллигенцийы æмæ колхозон зæх- кусджыты цард, стæй кусджыты къласы цард дæр. Гуырдзиаг советон прозæмæ йе ’ргом æппæты фыццаг чн аздæхта, уыдонæй иу у Чхеидзе» Борис. Уый тагъд >рахатыдта, гуырдзиаг адæмы æхсæнадон царды цы процесстæ æвзæрыдысты, уыдон. Чхеидзейы сфæлдыстады æвдыст æрцыд, индустриализаци Гуырдзыстоны куыд райдыдта, уый. Фæлæ йын уæлдай хуыздæр равдисын бантысти колхозон хъæуы цард. Иæ хуыздæр радзырдтæй иу — «Фыццаг къахдзæф» — ис ацы чиныджы. Чхеидзе уым сныв кодта, хъæууонхæдзарадон инсти- тут каст фæуыны фæстæ хъæумæ кусынмæ кæй арвыстой, иу ахæм чызджы царды фæндаг. Чызг райдыдта агрономæй кусын. Уый разынди хъаруджын адæймаг. йæ’ размæ цы бирæ цæлх- дуртæ уыд, уыдон аиуварс кодта æмæ фидар бынат бацахста ’Колхозон цард аразджыты раззагдæр рæнхъыты. Радзырд у хорз æвзагæй фыст, æмæ авторы хъуыдытæ уый руаджы уæлдай тынг- дæр хъарынц чиныгкæсæджы зæрдæмæ. Прозаик Зедгинидзе Елизбары фæстаг уацмыстæй ну—ромаи «Хурыскасты размæ» æвдисы Гуырдзыстоны ивгъуыд цард æмæ революцион цаутæ. Автор иттæг зæрдæбынæй дзуры, Гуырдзыс- 2 Райдзаст Гуырдзыстон 17
тоны зæхкусджытæ меньшевикты æлдариуæгады ,ныхмæ 1918 азы тох кæнынмæ куыд сыстадысты, уый хабæрттæ. , Тынг алыхуызон тематикæ æмæ бирæ аивадон фæрæзтæ раир- тасæн ис Ломидзе Андройы новеллæты чиныджы «Цæфхæдтæ æмæ дидинджытæ». Ломидзейы сфæлдыстады бæрæг хицæндзи- над уый у, æмæ фыссæг тырны адæймаджы удыхъæды хорздзи- пæдтæ, йæ лæгдзинад æмæ йæ иннæ хорз миниуджытæ равдисын- мæ. Уый авторæн уæлдай æххæстдæрæй бантысы, денджызы æвирхъау тыхимæ арæх хъæбысхæсты чи бацæуы, стыр хъару æмæ стыр лæгдзинад равдисын кæй фæхъæуы, уыцы денджыз- дзауты цардыл дзурæг радзырдты. Сæ радзырдты фылдæр хайы колхозон цард æвдисынц ахæм курдиатджын фысджытæ, куыд Мревлишвили Михаил, Чикованн Григол, Шатберашвили Георгий, Чхеидзе Отар, Асатиани. Мамиа æмæ æндæртæ. А фæстаг рæстæг гуырдзиаг литературæйы зынгæ бынат ба- цахста фыссæг Авалиани А. «Ног горизонт», зæгъгæ, цы роман ныффыста, уым æвдыст æрцыди намысджын тквибулаг шахтер- ты цард. Роман чиныгкæсджыты зæрдæтæ йæхимæ здахы, йæ темæ актуалон кæй у, канд уый руаджы нæ, фæлæ йæ аивадон миниуджытæй дæр. Готуа Леуан здæхт у историон темæтыл фыссынмæ. Уымæн мыхуыры рацыдис стыр историон роман «Хъæбатырты æр- хæндæгдзинад», стæй бирæ радзырдтæ. Ацы чиныгмæ йын цы радзырд хаст æрцыд, «Æвæндаг бал», зæгъгæ, уым аивадон обрæзты хуызы æвдыст æрцыдис гуырдзиаг адæмы намысджын ивгъуыд царды хабæрттæй иу. Ныхас цæуы, гуыр’дзиаг зæхкусджытæ æмæ хъæбатыр полководец Саакадзе Георгий сæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинадыл куыд тох кодтой, ууыл. Зæхкусæг дзыллæты уыцы тох, сæ хæстон арæхст- дзинæдтæ æмæ патриотизм æвдыст æрцыдысты зæхкусæг Горгасалы обрæзы. Горгасал у Саакадзейы иузæрдион æмтох гæнджытæй иу, йæ цард иууылдæр Саакадзеимæ чи сбас- та, бирæ хæстон стæрты мидæг стыр зындзинæдтæ чи бав- зæрста, бирæ хæттыты-иу цæфтæ чп фæцис, ахæм ’ацæргæ лæг. Гуырдзиаг хæстонты бал, сæ сæргъы Саакадзе, афтæмæй Тур- чы зæххыл гадзрахаты руаджы ахст æрцыдысты æмæ сæ ахæс- тоны бакодтой. Уым сын сæ сæртæ ракæндзысты. Æнæхъæн ба- лæй ма æнæ ахстæй баззад Горгасал. Æмæ цæмæй йæ фырт ахæстонæй раирвæза æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн Гуырдзысто- ны зæххыл сæмбæла, уый тыххæй Горгасал йæ цард нывондæн 18
æрхаста, знæгты къухмæ йæхи радта. Горгасалы фырт æгас баззад, æмæ уый, йæ фыдмæ цы хорздзинæдтæ уыдис, уыдон нæ фесафдзæн; уый хъуамæ дарддæр хæсса, гуырдзиаг адæм сæ сæрибардзинадыл цы хæст самадтой, уыцы тохы тырыса. Автор сарæхсти йæ хъуыдытæ хорз аивадон мадзæлттæй равдисынмæ. Гуырдзиаг литературæмæ бæрæг хицæнхуызон ног хъуыдытæ, ног аивадон фæрæзтæ бахаста прозаикты æрыгон фæлтæр. Уыцы курдиатджын фæлтæрæй сты Гоголадзе Т., Инанишвили Р., Майсурадзе Э., Бежанишвили Р , Кипиани Э., Рчеулишвили Г., Руруа И. æмæ æндæртæ. Уыдонæй алкæмæп дæр мыхуырæй рацыди радзырдты чнныг, сæ алчидæр фыссы бæрæг хицæн хуы- зы, фæлæ уыдонæн се ’ппæтмæ ис ахъаззаг иумæйаг миниуæг — уыдон хорз æнкъарынц нырыккон цард, сты цардбæллон, æмæ сæ алчидæр тырны царды вазыгджын хъуыддæгты активонæй ба- цæуынмæ, ног цард аразыныл тохмæ се ’ххуысы хай бахæс- сынмæ. Гуырдзиаг классикон литературæйы традицитæ нæ рох кæн- гæйæ, бирæ фысджытæ æнтыстджын куыст кæнынц, сæрмагон- дæй сывæллæтты цы чингуытæ хъæуы, ахæмтæ фыссыныл. Уыцы хъуыддагыл кусынц хистæр фæлтæрæй уæвæг фысджытæ дæр æмæ æрыгон фысджытæ дæр. Вазыгджын рæзты фæндагыл цыдис гуырдзиаг советон драма- турги. Къахдзæфгай размæ цæугæйæ, уым куыдфæстæмæ кад- джын бынат бацахста фæзминаг герой, нæ бæстæйы социализм аразыныл иузæрдион тохгæнæг, фæллойгæнæг адæймаг. Гуыр- дзиаг советон драматургимæ бацыдис индустриализацийы ,темæ, хъæууон хæдзарады цæхгæр ног рацарæзты темæ, разæнгард фæллойы æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ, хæстыфæстæйы азты бæстæ фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæныны темæ, адæмы ивгъуыд царды хъæбатыр хъуыддæгты темæ. Фæстаг азты гуырдзиаг критикæ æмæ литературæзонынадмæ æрбацыди курдиатджын æрыгон кадртæ æмæ уыдон æнтыстджы- нæй кусынц литературон критикæ рæзын кæныныл. Гуырдзиаг фысджытæ зынгæ фæтыхджындæр кодтой се >'сфæл- дыстадон куыст. Нал фæзындис, цард æцæгæй цы у, уымæй уæл- дай ма-иу æй алыхуызон дидитæй чи фæлынды, ахæм уацмыстæ. Фысджытæ арфдæр æвналын байдыдтой царды ахсджиаг хъуыд- дæгтæм. Фæлæ советон адæмы культурæ куыд тынг сырæзыдис, кус- джыты къласы, колхозон зæхкусджыты æмæ фæллойадон мнтел- лигенцийы цард куыд тынг æндæрхуызонгæнгæ цæуы, ног цард 19
аразджытæн сæхи удыхъæд дæр куыд ивгæ цæуы, уыдæттæ нæ литературæйы хъуамæ ноджы хуыздæр æвдыст цæуой. Нæ социа- листон æхсæнад, йæ техникæ, наукæ, йæ адæмон хæдзарад рæ- зынц тынг тагъд, æмæ цæмæй уыдæттæ литературæйы бæстон æмæ афойнадыл æвдыст цæуой, уый тыххæй фысджытæ хъуамæ се ’сфæлдыстадон куыст бæлвырд фæтыхджындæр кæной. Гуырдзиаг советон литературæйы алыхуызЬн жанртæ куыд равзæрдысты æмæ куыд рæзыдысты, уый ахæм цыбыр статьяйы æххæстæй равдисын зын у. Фадат нæ уыдис, ацы чиныгмæ цы фысджыты уацмыстæ хаст æрцыдысты, уыдонæн се ’ппæтæн бæс- тон характеристикæ раттынæн дæр. Уымæ гæсгæ мах архайдтам ууыл, цæмæй чиныгкæсджытæн равдыстаиккам гуырдзиаг сове- тон литературæйы райрæзты иумæйаг ныв. Хицæнæй мах æр- лæууыдыстæм æрмæст цалдæр фыссæджы уацмыстыл, гуырдзиаг литературæйы æнтыстдзинæдтæ, махмæ гæсгæ, уæлдай бæрæг- дæрæй кæм зынынц, уыдоныл. Ахæм куысты мидæг исты хъуæг- тæ æнæ рауайгæ нæй. Æмæ чиныгкæсджытæй курæм, цæмæй ныи-иу уыцы хъуагдзинæдтæ ныббарой. Лбхаидзе Ш. Чилая С.
л^æТпæтæ
Табидзе Галактион РАТИ РАТИШВИЛИ Ма мæ схон ды, ма, æддагон, Иугуыр хъæу — мæ къабæзтæ. Æз дæн Рати Ратишвили. Сты мæ цоты цот — сæдæ! Гæккæ кæстæр — уый дæр Рати, йемæ дзурын уарзын æз. Сæххæст ис мæныл мæ сæдæ, Ууыл та æрмæстдæр дæс. Æз куы зæгъон: «Рати, дзур-ма, Уал азы нæ хъæуы ’хсæн Афтæ тынг кæмæн фæкуыстон?» — «Махæн, баба!» — уый зæгъдзæн. Æз куы зæгъон: «Дзур, кæй ысты Хуымтæ, цæст кæмæй у ’фсæст, Сæнæфсиртæ, сырх уардитæ?» «Мах ысты», —* зæгъдзæн æрмæст. Æз куы зæгъон: «Чи цæрдзæни Ам нæ хъæубæсты нывæн, Чи йын хæсдзæн цинад, амонд?» «Мах» — зæгъдзæни уый мæнæн. Уый æцæг у! Ацы азты Скодтам ахæм цардыуаг, 23
Фыдæлтæн сæ хъуыдыйы дæр Чи никуы уыди фыццаг. Цу, уæдæ, мæ хъæбул Рати, Размæ стыр уæлахизты Ссæдз æмæ ма ссæдз афæдзы, Стæй сæдæ азы дæр ды! БОН ИВАЙЫ Бон ивайы... Цъæх арвæн йæ риумæ Хур бæрзондæй-бæрзонддæр цæуы. Мæнæ доныхуыз, уалдзыгон цинау, Дардыл, ленкгæнгæ, райгæ тæхы. Хурмæ худынц цъæх-цъæхид быдыртæ; Æврагъ бады сæ сæрмæ, æви — Уым, гуыв-гуывгæнгæ, мыдыбындзытæ Рухсмæ ’рттивынц? — сæ зонæг кæм и! Скæс-ма, — уалæ пропеллер зылангæй, Хурæн кад дæтгæ, арвмæ фæтахт. Райдзаст ног хъæуæй, амондджын хъæуæй, Хъуысынц зарджытæ, фæндырты цагъд. Арвæй зæхмæ фæлмæн рухс лæдæрсы, Уымæ агуры зæрдæ фæндаг. Хорз у зарæг,—дæ зарæг, рæсугъд æрдз, Уый æхсызгон кæлæнтæй у дзаг! ДЗÆГЪ-ДЗÆГЪÆГТÆ ДИДИНÆГ РАФТЫДТОЙ Елисейы быдыртæ Тынг цъæх ысты — дзаджджын! Дзæгъ-дзæгъæгтæй байдзаг зæхх, Розæты тæф — адджын. Калы дидинæг каштан, Стæй фиалкæ — пармон... Парижагæн та йæ риу Уазал у — январон. .24
ЗЫМÆГ Мах хъуыстам дадайæн йæ рагон аргъæуттæм, Нана дæр сæ дзуры дадайы хуызæн. У бирæ хуыздæр пионеримæ дзурын, — Уый фидæны цардыл йæ ныхас кæндзæн. Уæрдонджын куыроймæ фæласы йæ мæнæу, Йæ уæрдоны сæмæны хъинц-хъинц цæуы, Сæрдыгон хур уымæн йæ цæстытыл уайы, — Куыд рацыди быдырмæ колхоз — уыны. Кæс, афтæмæй та нæм æрбалæууыд зымæг, Зымæгсн æхсæвтæ сты уазал бынтон. Хъæпæнтæй куы лæууынц нæ фæндæгтыл миттæ... О, диссаджы зымæг, нæртон у, нæртон! МÆ ЗАРÆГ Нымайынц дын иутæ дæ уардиты баст, Чи диссаг хæрдгæ хуыдты — де ’ндæхты ласт, Чи, уарзгæйæ, къаммæ ныввæййы æмдзаст, — Зон, алкæмæн хицæн, æндæр у йæ уарзт. Фыстæг уа, — кæй кæсгæйæ разилы сæр, Йе къухдарæн, — чи калы тары цæхæр, Йе хъуссæг — куы фæкæны рухсы пæр-пæр, — Уый алкæйы уарзт дæр у хицæн, æндæр. Дзыкку уа, хæзнайы æвæрæн дæлдон, Рæстдзинад, кæй байсы зынгарты хæстон, Зынаргъ дзаума, — бинонтæн чи у æхцон, — Уый алкæйы уарзт дæр æндæр у бынтон. Мæ бæстæ, дæуыл у мæ уадындзы уаст, Дæуæн у мæ амонды дзырд-æмæ хъазт, Мæ^ цæхæрджын зæрдæ дæуыл куы у баст, — Уый алкæмæн хицæн, æндæр у йæ уарзт. 25
ÆБÆРÆГ МЕСХ Шота Руставелийæн Æнæзонгæ, æбæрæг месх, æз дæр æмдзæвгæтæ фыстон, Мæ цæст æнæнымæц фæндæгтæ ивгъуыды уыдта. Мæ фыст мæ хурæй раздæр басыгъта бынтон, Фæлæ мын хур та уæд мæ фыстытæ сыгъта. Мæ шаиртæн сæ рацагъд у хъандзалуагъды хуызæн, Тыхвæзт æрдынбосау куы байдайынц зыр-зыр. Тызмæг у уый, хъазуат тохау нæ хæхты ’хсæн, Фæлмæн у, цыма майы ног сыфты сыр-сыр... Уым—далайы уынæр æмæ пандурийы зыланг, Уым—уæлдæфы æнæуынгæ уылæнты рог узæлд, У ме стих алырдыгæй гом, рæсуг,—цыма у авг, Уый царды улæфтæй йæ тæккæ цъуттдзаг уæд! Фæранк цæфæй куыд фæзилы, куы, дурæхгæд кæмтты, Гъе афтæ бирæ азты дæргъы-иу æцæг Зылдтæн æмæ-иу агуырдтон сæнтты рухс тар къуымты, Æз—рох, æбæрæг месх, фæллад фыссæг. ИЗÆРÆЙ АУУÆТТÆ КУЫ ’РХУЫССЫНЦ Изæрæй, аууон зæххы ’мбуар куы ’рхуыссы, Куы схуды Сенæ стъалыбардзты артæй, Уæд бульвармæ æнкъард æмæ тыхстхуызæй Гуыбыр сылгоймаг рацæуы æнкъардæй. Æнцъылд цæсгом, быцтон урс — дадалитæ, йæ фыдхуыз буар ын сау къаба æмбæрзы. Цæгъды сæнттæ, цыма фæсиды зинтæм, Куы та æнæсæрфатæй джих фæкæсы. Æгомыг судзгæ маст æртыхст йæ сæрыл...- Нæ цæуы кувæндонмæ, дзуар æфтаугæ. Кæнæ нæ лæууы аргъуаны къæсæрыл Сæргуыбырæй, уæларвон зæдтæм хатгæ. 26
Ныруад, ныссыгъд уый сусæг хъизæмары, Æппынæдзух йæ ивгъуыд мысы. Æгæрон сагъæс æй цæрдудæй мары, Йæ туджы цъыртт æхсæвæй-бонæй сысы. Йæ цæсгомыл æнцъылдты арф уырынгтæ Æвдисынц зæрдæйы фыдохы ’вдæрзæн. Йæ цурты чи фæцæуы бульвары, йе уынгты, Зæрдæвæрды ныхас ын уый нæ зæгъдзæн. Æрталынг хурзæрин... кæд дуне уымæн сафтид... Кæддæр йæ удæнцой куы уыдысты йæ зæнæг. Фæлæ æрцыди хæст, æмæ йæ фырт фæмарди... Ныр баззадис æнæ иу ныфс æмæ фæхæцæг. ТУЛДЗ Домбайкъух тулдз хъалагъурау фæлгæсы, Цыма йæ бындзæфхад у айнæгыл ныхæст. Æппæтæй раздæр фены хуры скæсын, Кавказы хæхтыл ахæссы йæ цæст. Куы ’рбады арвыл кардлыгау къæвдабон Тыхджын æрвгалды суйгонд судзгæ хахх, Йæ зынгæй тулдз нæ бакæны хи аууон, Фæлæ фæмæлы, раст цыма хъочах... Ысуасыд мæга... цъæх сыфтæр ныссыгъди, Ныккалд йæ фæнык доны хуылфмæ ныр... Сармадзаны хъæрты хæд фæстæ тыгъды Цыма æппæтдæр сыгъдæттыл ныммыр. Æрæнцад арвы алавæздазг рæгътыл... Фæцис цытджынæй рагон тулдз йæ цард. Хъæбатыры ингæны уæлхъус хæхтыл Салют дæтты нæргæ егъау зæй дард. ÆМЗÆРДÆТЫ ЦÆДИС Нæ къæсæрмæ фыдгул куы уа æввахс, Мæ бæстаг, уæд дæхимæ ис 27
Руставелийы стыр ныхас: «Æхсид зæрдæты стыр цæдис!» Цæмæй æппæтыл бацауда иу, Æппæт та — иуы амондæн, нывæн. Уыдзæн æндонау уæд нæ домбай риу, Нæ уыдзæн махæн, нæ, сæттæн! Нæ тохы фæндаг карз у, фæлæ раст. Мах хизы фидæн бонты кад. Æмдзырд зæрдæты иугонд, баст, Хæссы уæлахиз тохы рад. Зæрдæты иудзинад — ныфсджын зæрдæ Зæрдæимæ куы сбæтты хи. Æмвæнд — хъуыддагæй уа, дзырдæй — Зæххыл рæсугъддæр уæд цы и?. Æрмæстдæр иунæг фæндаг ис Уæлахизмæ — нæ нысан у! Салдат, зæрдæты стыр цæдис Ды тынгдæр фидаргæнгæ цу. Ъ1стыр дзыллæ нæ фæкæны мæлгæ, Йæ уæлахиз æфтауы дис. Цы хорз у, цы, кæй райгуырд, кæ, Домбай зæрдæты стыр цæдис! ДУАР-ИУ МА НЫУУАДЗ ГОМÆЙ .Уарзын дæ дидинтæ бирæ, Сауцæст, рæсугъд чызгай, зон æй. Райдзаст дыргъдонмæ цæугæйæ, Дуар ды ма ныууадз гомæй. Уым ис сырх дидинтæ бирæ, Чи сæ фæнымайдзæн номгай. Хъахъхъæн фыддымгæтæй уыдон, Дуар-иу ма ныууадз гомæй. 28
Уарзын дæ тасгæ уæнгты конд, 'Рттивгæ стъалы — цæсгомæй. Хъахъхъæн дæ дыргъдон, мæ дуне, Дуар-иу ма ныууадз гомæй. Дардыл ныззылди нæ дыргъдон, Абон уым кусыс уæнгрогæй. Стыр куысты, буц чызг, хъайтар,дæ,' Дуар-иу ма ныууадз гомæй. Акæс дæ рæсугъд дыргъдонмæ, Знæгтæ куы бырсынц уæндонæй. Ма сæ æрбауадз, мæ зæрдæ, Дуар сын ма ныууадз гомæй. ФÆЗЗЫГОН ДИДИНДЖЫТÆ Уыцы изæр сагъæссаг зард цагътой, Æнкъард зæлтæй цæстысыг ызгъæлди. Сылгоймæгтæ марды дидин хастой, 'Мæ сæ къухты цадæггай æмпылди. Цæуын, мæ фæндаг нæ фæци, нæма, Нæй, карз тохы нæ ныууазал мæ зæрдæ. Бирæ ыссардзынæн дидинтæ ны’рма, Æнцъылд дидин фехсдзынæн фæсвæдмæ. ГÆДЫБÆЛАС Сæрды фидыц гæдыбæлас Бонты рухсыл æмбæлди Хъазгæ-худгæ алы аз Æмæ цинты куы рæзти. Фæлæ æваст фæтыхсти, Налат низ ын йæ сыфтыл Бонæй-бонмæ æртыхсти, Кæрон нал уыд йæ рыстæн. 21)
Къæвдайы дон, æрыхс-ма, Ды бæласæн йæ сау низ. Буц, гуырвидауц бæласы Рын ’мæ сонæй ды бахиз...
^^тгге^ге^ Леонидзе Георгий ШИО Кæлы сындæггай иу дон Балатонæй, Фæсыр-сыр кæны хъамылты бынæй. Æввахс дыргъдæтты ’фсады фаг йæ донæй Æмæ у буц йæ алы къахдзæфæй. Уый уарзынц адæм, дидинтæ æгæрон, Йæ фæлыст у æрвон цъæхы æнгас; Йæ ном та Шио — буц æмæ фæлмæн ном, Фæкæнынц адæм Шиойыл ныхас. Æз дæр гъеныр йæ былгæрæтты зилын, Кæны мæ зæрдæ мысынæй уынгæг, — Æмбал мын уыд, уыд иузæрдион Шио, Раст ацы донау, ирд æмæ сыгъдæг. Мæ хорз хæлар, хуынди гъеуый дæр Шио; Уыди сабыр. Зæгъут-ма, адæм, цæй, — Кæм ма ис ахæм, уый хуызæн ма чи у Хæларадæй, æргомдзырдæй, рæстæй?! Зæрдиаг уарзт, рæвдыд дзырдæй уæ ’фсæста, Уыд сабитæн сæ сæууон хуры тын, Уый зайæгойты сегас дæр æвзæрста, Ыстæй зыдта уый гомдуарæй цæрын. Фæлæ зæрдæйæ адæмуарзаг чи уыд, Уый бауагъта мæ зæрдæйы ныр низ. 31
Æмбал мын уыд, уыд иузæрдион Шио... Уыд... Уарзтон æй... Уыди, фæлæ фæцис. Фашистон зды йын аскъуыдта йæ зæрдæ, Æрдæлгом иу ран обауыл, мæгуыр, — Фæтар кодта йæ мады ’нхъæлцау сæнттæ, Нæ лымæнадыл авæрдта гуыдыр. Зæгъ-ма мын, дон, нæ Балатоны къабаз, Кæд Шио ныр дæ хуызы бацыди? Дæуау нын уый дæр кодта ’дзухæй ахъаз, Нæ зад хуымты-иу хъæлдзæгæй цыди. Уый бавзæрста зæрды цинад, мæстытæ, Дæуау-иу кодта дидинджытыл дон. Бæркад лæвæрдта адæмæн йæ куыстæй, Дæ номы хуызæн Шио та — йæ ном. Фæлæ цы зæрдæ радта Шио бæстæн, Нæ" бацыд уый Гуырдзыстоны зæххы Æмæ ныр мæнæ ирд доны хуыз райста, Æмæ цæрдæг, гуылфгæнгæйæ, тæхы. Уый ахызти, æфсымæрон зæрдæтæ Кæм цæвынц риу, кæм сын у цард æхцон; Фæллой кæны, фæйлауы стыр уылæнтæ Æмæ нæ зоны йе ’нтыстæн кæрон. ТУЛДЗ ÆМÆ ÆРВÆРТТЫВД Æгомыг тарст сыфты сæрмæ, Кæм систа рындз йæ сæр, —• Арв мигъты ’хсæнæй ферттывта, Ныййазæлыд йæ хъæр, Æндон арцæй ныццæвæгау, Æрцавта тулдзы ’васт Æмæ дын тулдз йæ уæхсчытæй Йæ къæхты онг фæфаст. Æрвæрттывд—фат дзæбидырмæ
Фæзылдта сонт йæхи, йæ цæстытыл ысхъазыди Æмæ цыдæр фæци. Сыкъаджынты дзуг астъæлфыд, — Рагъ фестади уынæр. Кæс, арвы цæфæй уæйыг-тулдз Æркъул кодта йæ сæр. Тæрккъæвда хойы сыфтæрты, Тулдз рафæлдæхт, æрхауд, Цыма раст галæн хъамайæ йæ зæрдæсæр ныццавд. Цыдæр зæгъынмæ хъавыди, — йæ сыфтæрты тылдта,— Уый тархъæдæн мæрдон былтæй Хæрзбон, зæгъгæ, дзырдта; Æвæццæгæн, ма йе ’мбæлттæй Мæлгæ-мæлын куырдта, Цæмæй йæ уд æдзухæй дæр Уым, тархъæды, цæра. Арвы раирд хæхты сæр сæумæ, — Æппын ыл иу мигъ нæй. Æмæ уымæн зæххыл ныццис Æрвæрттывд тарф фынæй. ЗАРЫН ФЫДЫЗÆХХЫЛ Фыдæбон кодтон зарæгыл лæгау, Мæ зонд, мæ зæрдæ иу хъуыддагæн радтон: Цæмæй фыдызæхх кады сæйраг уа, Æз уый тыххæй мæ уд мæ дзырдæн хъардтон. Фыдызæххыл уидагæй дæн æз хæст, Æмæ мын «амæл!» искуы бон куы зæгъид, — йæ барджын дзырд цæсты ныкъуылдмæ ’ххæст Зæрдиагæй, æнæ хъыпп-сыпп æрцæуид. Алæмæты фыдыбæстæйы рухс Мæ сæрмæ ’рттивы, дард фидæнмæ хоны, Райдзаст Гуырдзыстон 33
Æнæ уый у поэты зæрдæ хус, Æнæ уый æз рæсугъддзинад нæ зонын! Уадз зарджытæ æхсæрдзæнтæ кæной, Сæ хорз номæй куыд кæна дзыллæ сомы; Уадз ме стихтæ сæрыстырæй нæрой Гуырдзиагау, Фыдыбæстæйы номыл. Фыдызæххæн æз дидинтау лæвар Уырзæвзæрстæй мæ зарджытæ фæхастон. О, ног Гуырдзы, дæ поэт дæн, мæ зард Дæ диссаджы æнæнтау зардыл бастон. Гуырдзыстон, калыс, рухс хурау, цæхæр, Дæу хæссын æз мæ зæрдæйы æвæрдæй. Дæ рухс ном у мæ зарæгæн йæ сæр, Ды мын нæ дæ, уæд аскъуыид мæ зæрдæ! ЗÆРОНД ДАЛА-ФÆНДЫР Нынныгуылд мæй... сæурухс — йæ рады... Ныгуыппæг дала дæр бынтон. Куывды фынгыл, бæрæчет-бадты Зард фесты зарджытæ бынтон. Рæсугъд чызг, — нæу дзейран йæ кондæн,— Уый сисы уады ныхмæ карз Мынæггонд цин фæстæмæ сногæн Лыстæг хъæлæсæй мухамбаз. Æмæ фæлладæй нотæ вæзы — Уым ис æртхъирæн, сагъæс, хъыг; Кæнæ та амæттаг æрхæссын, Æдылы хъæр æмæ цæссыг... Уым — курындзинад, хъизæмæрттæ, Зæрдæйы сагъд фæтты дыз-дыз.* Уым ис незаманы узæлдæн йæ рохаг, баихсийгæ хуыз... 34
Æмæ кæд адджын тæф фæкæны Фыццаг хатт зарды дидинсыф, Уæддæр æрызгъæлы, æркæлы Йæ фæллад уацы хæрæу хуылф. Ыздыхсы зард, раст зинты балау, Уый хистæр у зæронд тæрсæй, Æмæ йæ сыгъд хъæстæ, йæ ала Куырмы фыдбылыз у цæстæн. йæ дзырдтæ арауынц фыртæвдæй; Куы сæм хъуса зæронд дыргъдон, — йæ къалиутæ йæ тæригъæдæй Пæр-пæрæй басудзынц бынтон. Æмæ незаманы тæрсытæ Æндавгæ дзырдты карз тæвдмæ, Мæнгуд гæлæбутау, сæ сыфтæ Æнпарынц стъолырдæм, бынмæ. Æгъгьæд у утæхсæн мæстадæн! Мæ къухмæрзæн — цæссыджы мал... Фæлæ йæ тъизын уыцы зардæн Мæ бон ныббыхсын нал у, нал! Зæронд таурæгъты донвæд — фурдау... Ис зарæгæн кæрон, фæуæн. У зард йæ рæстæгæн хъæбулау, Æмæ сын нæй фæцухгæнæн! Ыстæнæг вæййынц фурдтæ, дæттæ, — Æрмынæг вæййы афтæ зард. Кæрæдзи ивынц дугтæ, фæндтæ, Æрлæууы ног дзырдтæн сæ’рад. ГРИБОЕДОВА НИНÆЙÆН Ды, стъалыйау, кæд бамынæг дæ ныр, Уæддæр мæнмæ дæ рухс цæсгом æртти Дзырдтай мын ды: «Рæсугъддзинадæн Дунейыл фесæфæн, кæнæ та сивæн».
Цæрыс. Дæ зарæггæнджытæ цæрынц, Легендæ сæ æнусмæ сбаста демæ. Æрцарæзтай дæ сæнттæн ды бынат, Ды бирæ уалдзæгтæ æрвыстай ссмæ. Дæ рæсугъддзинадæн йæ фале — тар, Сты бонивайæнæн æхгæд йæ дуæрттæ. Зæхх бамбæрзта дæ риу. Гъе, ахæм бар Ды искуы-иу хатт розæтæн лæвæрдтай. Сæдæ азы цæуы, уæддæр æгас дæ ды, Дæуæн дæ рухс сурæт ныр дæр нæ фендæр. О, ды, кæй буц рæругъдадæн мæ сæр Æркъул кæнын дæ ингæнæн йæ фендмæ.
Чиковани Симон МÆ МАД Изæры дыдзыхурау, — сабыр, æнкъард, Йæ зæриндзыккутæ — зæронд базыл пырх, — Æрыгон, æвзонгæй мæ ныййарæг мард, Фыргуыстæй, фыдсагъæстæй рафтыд йæ тых. Мæ авдæнхъæдыл ма фæстаг бонты тад, Стæй ацыди. Аныгъуылд тары мæ мад. Кæм ма мын фæлидздзæн йæ ингæны тар, Фæнды йæм æрвон хур цырагъæн ныддар. Мæ гыцци! Дæ ингæн у талынг, фыдæх, Кæм ма дæ ыссардæуа, уый ма мын зæгъ? Кæсдзынæн нæ цъаймæ кæугæ-кæуын æз, — Уым, чи зоны, фенон дæ цæсгомы хуыз. Дæ зæрин дзыккутæ æрттивынц, миййаг, Нæ артдзæсты уый, æви арты æвзаг? Нæ арф лæнчы—урс фæлм. Дæ рон у миййаг? Нæ уынын рæстмæ—донæй цæстытæ дзаг. Мæ гыцци! Дæ ныхæстæ зæрдыл лæууынц Лæппуйы зын царды ыстырдæр ныфсæн. Мыды къуск ма баззайы, атæхы бындз, — Дæу мысгæйæ баззадтæн къусчы хуызæн. 37
ФОСЫ ДЗУГТÆ Æхсæв-бонмæ куыстон, стæй мæ рудзынджы фæсте Боныцъæхæй æрбайхъуыст æхситт, уæд бæгъ-бæгъ. Федтон дзугтæ — цæуынц Триалетмæ æмвæтæн, Афтæ Мтхъварийы дон дæр фаёйлауы дзæбæх. Мæнæ стыр фæз куы бацахстой урс фосы дзугтæ, Аззад ме ’мдзæвгæ ’рдæгыл, мæ хъуыды фæлыгъд. Мысын бонты: уыдысты уыраугæ ’мæ дудгæ, Хæст куыд цыди, нæ хæхтыл-иу дзуг дæр куыд сыгъд. Уый цыллæгæнæг кæлмыты ’лвыст у, цы, фæзы? Æви мигъ сыстад? Хъуысы мæм фиййæутты хъæр. Мæнæ, раст цыма дидинæг адардтой фæхстæ, — Фыстæ ’рбахастой быдырты сабыр уынæр. Триалетмæ сæрыстырæй фиййау фæрасти. Хъуысы, суадæтты хæл-хæлау, уадындзы цагъд, Дзугтæ скъæры, къæвдатæ ’мæ хурæй нæ тарсти. Цыма мигътæ уыдысты уыгæрдæнтыл уагъд. Фиййау схъæр кæны фосыл, йæ къухты—къæдз лæдзæг, Гареджийы æртæхыл уый хохау лæууы. Хордзен йе уæхскыл, хизæнмæ уайтагъд фæцæуæг, 'Нæзонд уæрыкк йæ хæд фæстæ, кафгæ, цæуы. Куы нытътъанг вæййынц мигътæ цъæх мæнæуты сæрмæ, Куы колхозон æрбацæуы къахвæдыл тагъд. Ам фиййауæн йæ размæ сты тынг хъæлдзæг хъæутæ, Хæхты уындæй фырцинæй йæ цæссыг æртагъд. Дымгæ скъæфы тыхт нымæт, раст уыйау ма афтæ Фиййау уæрыккæн байсынæй цыма тæрсы. Дзугтæ бацахстой фæзтæ, — цыма мæнæу фæйлауы. О, Гуырдзыстоны бæстæ, цы фарн дæ кæсы! Æз куы цæуин ныр дзугтæн сæ фæдыл, зылангæй, Уæд мæ хъæлæс ныййазæлид дзугтыл мæнæн. Мæнмæ ’рцæуиккой фыстæ цъæх уæлвæзджын рагъæй, Æмæ уадындзы зæлтæ рæвдауиккой мæн. 38
СОМИХЫ ХÆХТЫ Цыбыр нæ уыд махæн нæ фæндаг, Фæздæгау мигъ хурмæ пырхгондæй зынди. Мæнæу кодтой хус уæд нанайы чызджытæ, Сæ мæнæу сызгъæрины хуызæн уыди. Мæ циндзинад не ’мбæхстон, кастæн, Мæнæуæн йæ гага куыд кæны зыланг, Куыд судзы. Æвзонг æфсин араст, Йæ рустæ—сæуæхсидæй дзаг. Ысдзырдтон æм: «А райсом раджы Дæ хорæй рæсугъддæр æппæт зæххыл нæй...» Бæрæчет у уый, æви барухс Мæ фæндаг дæ ерыс куыстæй? Егъау хæхтыл араст кæндзынæн, Севаны хæдбылты, дæ хабар мын кæ, Дæттыс мын дæ уазал, ’уыдзынæ ды хъуамæ Кæд дидинæг, æви нæ хæхтæй дымгæ? Уæззау уыд фыдæлты куыст комы, Уыгæрдæны, скъæтты сæ туг калд! — Куы сты Ныр хъæлдзæг нæ фæззыгон бонтæ. Нæ фембæлд — æхсызгон. Æмбал мын дæ ды. Ис хæхты æхсæлы, зынаргъ хо. Уый уарзыс?—Хуымгæрдæг, рæвдз æфсин — сæ ном. Мæнæуы тæф уайы мæ былтыл, — Æфсин мæм куы сиды: «Мæ ис-бон фен, цом!» Лаваш мын ыскæндзæн. Хæбизджын дæр хъуамæ Фæндагмæ мæнæн уый ысрæвдз кæна, о! Æфцæгæй æфцæгмæ цæудзынæн, Æмдзæвгæ фысдзынæн дæ кадыл, мæ хо. Дæ бахудтæй схъæлдзæг мæ фæндаг. Ды гауызау фæзты ныттыгътай мæнæу. Кæнынц мæ фæндараст нæ хæхтæм Дæ цæстытæ, дзедыр дæр афтæ сау нæу. 39
Фыдыбæсты райсом куы зары. Мæ фæстæ Уыдзæни дæ Севан, дæ мæнæуты баст. Дæ цæстытæ та мын фæндараст куы зæгъынц, Нæ райсомау мæнæ, йе — дидинау раст. ЗÆРВАТЫЧЧЫ АХСТОН Карнизы бын зæрватыкк ызмæлы, Уый «хъæдæрмæг» й’ ахстонæн хæссы. Адæймаг зынгæн куыд тæрсы, афтæ Буц зæрватыкк йе ’йчытæн тæрсы!.. Хорз аразы ахстонæн йæ систæ, Цауддæр у рæвдз хуийæгæн йæ куыст. Диссагдæр у булæмæргъы зардæй Хорз ахстоныл буц маргъæн йæ тыхст. Феххуыс кæнон, цæй æмæ, дæсныйæн; Фехсон ын мæ бон-чиныг æз, цæй! Уадз æмæ мын рацахса мæ гæххæтт, Сараза йæ хуыссæнтæ сыфæй. Баззайæд æмбæхстæй, уадз, мæ хъуыды, Ма ’рцæуæд мыхуыргонд дæр, — зæгъын. Уадз æмæ нæ цæрдæг тыхсаг маргъмæ Базоной мæ хъуыдытæ тæхын! Нал зондзынæн æз мæ хъыг, — йæ дарæс Аивдзæн, йæ хъахъхъæнын мæ бон Не сси, стилдзæн базыртæ уый маргъау, Атæхдзæн мæ рæнхъытæй уæндон. Ма ма тæхут, буц мæргътæ, цæй, махæй! — Ис рæвдыд Гуырдзыстоны, ис кад. Уал азы мах татхатæ фæкъахтам, Зайæг хал нæм алы афон — зад. Май хъахъхъæны алы хатт Гуырдзыстон, Уым зымæг дæр — уалдзæджы хуызæн. Стъалытæй уын ахстæттæ кæндзынæн, У’ алчи тыхт мæ зарæджы уыдзæн. 40
Айгæрдут æнæкæрон уæлдæф та. Стут цæрдæг, хæсгарды цыргъау, раст. Хъусын æз, Фыдыбæстæ сымахæн Зары зарæг, — ма бавзарат маст. Маргъ, дæхи ды иуырдæм цы ’ппарыс? Хи цы хойыс къултыл уый, — фæлæуу. Байгом кæнон æз дзырдæн йæ хæдон, Бахъарм кæнон æз мæ риуыл дæу. ПИСМО ТАТРÆЙ Цавæрдæр маргъæн мын ацы ран й ’аууон Д’ аууон æрымысын кодта, уый зон! Дард ран æнæ дæу нæ уарзын æндæры, Сомытæй сайын дæ нæу, нæу, мæ бон. Дард дæн дæ цурæй... Æз дардмæ фæцыдтæн, Мигъы фæлм не ’хсæн,'— кæм ма дæ уынын! Бамбæрстам дардæй кæрæдзи хъуыдытæ, Иухуызон рауайы махæн нæ фын. Хæхтыл ныр рухс изæр аууæттæ тауы, Рухсытæ ферттивынц арвыл æваст. Сæмбæлд, рæвдаугæ, мæныл ам дæ ныхас, Уарзон мын хъарм къæвдайау куы у раст. Зæрдыл æрлæууыд, кæддæр-иу нæ хæхты Бирæ куыд уарзтай чысыл уæрыкк ды... Бафтыдтæн адагмæ Татырты мæнæ "Мигъбон, — дæ цардыл кæнын æз хъуыды... Куыройы хъæр, доны уылæнты хъазт ноджы Дымгæ дæ цурæй мæ цурмæ хæссы. Сагъæстæ кæнын дæу тыххæй... Дæ дзыкку Мæнæ апрелы хуымау мæм кæсы. Сонт гуылфæн уайы хъæргæнгæ мæ бынмæ, Хъусын дæ ныхас, уый—фидар, уый—цырд. Ис уым дыууæ сидты, иу дзы дæ сидт у, Иннæ Фыдыбæсты сидт у, бæлвырд! 41
Хæхтыл-иу зилын мах иумæ куы уарзтам, Иунæг дæн ацы ран, тынг хъæуынц мæн Абон дæ хабæрттæ, ноджы дæ дзырдтæ, Чи тæхы ардæм мæ бæстæй мæнæн. Ратдзынæн зарæгæй дзуапп æз дæ сидтæн, Арвитдзынæн æй, фæтæхдзæни цырд Ардыгæй уырдæм, фæуыдзæн рæствæндаг, Уарзон къæвдайау, дæ уарзон—мæ дзырд. КУЫСТ Мадзура у хорз поэт, хæрзарæхст, Дуар æм бахгæд мидæгæй æнгом. Н ’атæхдзæн дзæгъæл ныхас йæ былтæй, Дзых нæ кæндзæн алы хатт уый гом. Амондджын æнцад сахат куы вæййы, Бон — зынаргъ, куы фæкусы æнцад Буцахуыр — йæ фæндыр та, æмбары, Зарæгæн кæд хъуамæ уа йæ рад. Ме ’нкъарæн мын уромын нæ куымдта, Ме ’взагæй-иу атахт дзырд æваст. Айчы бур куыд акæлы тæбæгъы, Тагъд фыст дзырд дæр уый хуызæн у раст. Раздæрау, куы-иу фаудтон мæ хъару, Важайы1 куы фæуынын, — нæу рох! Уæртæ уый йæхæдæг у, йæ хæдзар, Уæртæ уый йæ тæрс бæлæсты къох. Дæн æфсæрмхуыз хистæрæн йæ цуры, О, цæуын йæ къонамæ хæстæг. Дзых ныммыр ис, нæу мæ бон ыссарын Аккаг дзырдтæ, — дзурын уын æцæг. Агурын сæ æз уæддæр, мæ къайæн Нал вæййы фынæй кæнын йæ бон, 1 В а :к а Пшавела — стыр гуырдзиаг поэт. 42
О, кæсæм зæрдæхсайæн бынæттæ, Сом сæ хъуамæ фехалон бынтон. Айсæфы фыццаг хъуыды бынтондæр Раздæрау сæдæ хатты, сæдæ. Афтæ, гъе, æлгъыст рифмæ фæкæны Дзурын мæн нæбæззон дзырд, уæдæ! ^г
®шт5т@8Ш$&&. Каладзе Карло СÆРИБАР Зæронд обау, Заири та йæ ном. Тулдз мæнæ ай та, уый сыфтæр мын абон Кæндзæи йæхæдæг алцыдæр æргом — Бæрæг мын циу, цы нæу, — æппæтдæр адон. Тулдз мæнæ, тулдз, лæууын æм æз æввахс, Ызмæлынц, хъусын, уый уæрæх сыфтæртæ Кæнынц сындæггай аууоны ныхас... Тæхы сæм дымгæ, сдзурынц мын цыдæртæ... Тулдз уацарæй куы феуæгъд ис хæсты, Ныскъуыдтæ кодта уый дарæс ызды! Фæлæ Давидау1 фидар у уæддæр, Зæрдæсастæй нын не ’руагъта йæ сæр. Цыдтæн-иу ардæм, хæст нæма сыгъд уæд, Давиды къахвæд агуырдтон, фæкастæн, Нæ йæ ссардтон, нæ йын федтон йæ фæд... Йæ сыфтæр хъазыд рагон тулдз бæласæн... Цы ран лæууы хъæбатырæн йæ цырт, Кæддæр уым дур дæр ма нæ зынд, Дзырдта мæ зæрдæ, ам кæмдæр кæй хуыссы Поэт Давид Украинæйы хъæбысы. ( ’ Гурамишвили Давид — гуырдзиаг гениалок поэт, цардис XVII 1-æм аэнусы. 44
Ам мæнæ рагæй чи хуыссы æнцад, Кæнын æз уымæн арфæ æмæ кад, Фыццаг хатт фидар тулдз бæласæн Хæрз хæстæг бацыдтæн йæ размæ. Кæсын æнцад... Зæронд гуырдзиаг сæн ын Пырх ам йæ уидæгтыл кæнын. Давид æнхъæлдта, н ’ахуысдзæн йæ цард, Р1æ ингæнæй уæлæмæ сыстдзæн, Уæларвмæ йын тæхын æнтысдзæн... Нæ уырны мæн, ингæнæй сыста мард! Фæлæ, Украинæ, фæрнæй Дæ цырагъ судзы, о, уынын мæ разы Давидыл мæнæ, тулдз бæласыл, Кæй сæххæст ныр дыууæфондзыссæдз азы, — Кæй у æнусон цард, зæххыл мæлæт кæй нæй! Уынæм Давиды, слæууыд нæм хæстæг, Сæрæй нын кувы... уарзæм мах кæрæдзи, Нырма кæронмæ уый ныхас нæ фæци. Ысуæгьд бынтондæр уацарæй рæвдз лæг! Йæ тыхджын къухтæ, — Стыр къалиутæ, суагъта, Йæ сыфтæртæ йын азарынц дзæбæх. Лæууæм йæ цуры сагъæстимæ мах та, Йæ аууон махæн уарзон у, уæрæх. ДУРЫНГÆНДЖЫТÆ Фæндаг комрæбын фæуæрæх, Фахсæй быдырмæ æрхызт... Хæхтæй махмæ ласынц арæх Дурынгæнджытæ сæ куыст. Дурынтæн сæ тыппыр фæрстæ Батухынц бæстон хъæмпы. Базармæ уæрдоны фæстæ Куыдз фæкæны семæ ’мцыд. 45
Цыма знæгтæй фаг ныццагътой Æмæ баисты фæллад, Уыйау дурынтæ æруагътой Гуыффæйы сæхи æнцад. Уæрдонтæрджыты цæсгæмттæ Сты сæ дурынтæй сыгъддæр. Фæлæ ’рыгон Кахабери Се ’ппæтæй дæр у сырхдæр. Мæнæ зонгæ хъæу æрбазынд, Хъæугæрон ызгъоры дон. Иу чызг уæд сæ размæ рацыд, У бæрз бæласау хæрзконд. — Дурын айс, фæлæ йæм кастæй Ма разилæд, чызг, дæ зонд, — Дзаг риуджын у, нарæгастæу, Раст дæхи хуызæн хæрзконд. 'Виппайд фемыр Кахабери, Исдуг нал у сдзурынхъом. Ракаст, кæд дзæбæхдæр фенид Чызджы худæнхуыз цæсгом. Лæппуйæн йæ хъустыл уайы Дари къабайы сыр-сыр. Чызг сæ асинтыл фæуайы, Бахызт даргъ балкъонмæ ныр. Хæдзар амад аив дуртæй, Хъæуы ногдæр хæдзар нæй — Алы ран — æхсныфы муртæ, Хъæды хафæнтæ — пырхæй. Хæдзары фæстейæ скъæфы Дымгæ рувæны уынæр. Уым йæ хицау карз æнтæфы Кусы дыргьдоны цыдæр. Кахабери нын æнкъардæй Къанауы уæлхъус лæууы. 46
Ныр йæ хъусгæрæттыл дардæй Йе ’мбæлтты кæл-кæл цæуы. Лæппу бамыр и, нæ дзуры, У æрмæст хæлиу йæ дзых: 'Рхауд йæ къухтæй зæхмæ дурын Æмæ бамур и, ныппырх. Зулмæ лæппумæ цы ракаст? Уый куы никæд зыдта маст. Акæс-ма, йæ зæрдæ асаст Уыцы дурынау æваст! АХУЫРГÆНÆГ Имереты хусзæхх къуылдымты Æдзухдæр мæ зæрдыл фæдарын— Сæнæфсиры цупалджын хуымтæ Уьш уарзын мæ уырзтæй ысгарын. Сæумæрайсом пумпуси мигътæ Куы нæма фæцух вæййынц хæхтæй, Куы разынынц быдыртæ, тигътæ, — Цы ма вæййы уымæй дзæбæхдæр! Хæххон доны фыдуаг уылæнтæ Ныццæлхъ ласынц айнæг къæдзæхы. Хæххон хъæу йæ сæумæйы фынтæ Ныр дæр ма куы уыны дзæбæхæй. Æвзонг чызг уæд фесты, фæхуды Йæ мидбылты рудзынджы цурæй. Куыннæ уарзон ахæм рæсугъды, Куыннæ район къæдзæхтæй, хурæй? Ды чи дæ, чызг? Мзия? Маквала? Лали, æви сауцæст Натэлла? Цæй тыххæй ды фестадтæ раджы, Цы зарыс мæ зæрдæйы тæгты?
Фæуайыс ды дыргъдонмæ, уæртæ, Уым дидинæг алыран зайы. — Ды сабиты уарзон тетрæдтæ Дæ риумæ куы нылхъьпугай райгæ. Йæ пух сæр дæм байвазы уарди, Дæ алыварс дымгæ æрзилы. Сæ цыллæ сыфтæртæ дæм дардæй Уæ бæлæстæ хъæлдзæг фæтилынц. Куы фæвæййыс кулдуары фæстæ, Куы акæсыс æрхмæ бæрзондæй, Уæд сулæфы æрдз дæр æххæстæй, Рæсугъд чызг, дæ хуыз æмæ кондæй. Фæкæсыс мæм райсомæй хурау, Дæ цæстæнгас райсы мæ зæрдæ. Бæласы бын, ’мдзæвгæтæ дзургæ, Куы бады чысыл саби, уæртæ. Дæу ацыран алчидæр зоны, Зæронд лæг дын сисы уæлдзармхуд, Йæ уарзон хъæбул дæ куы хоны, Æмæ дын у уарзон йæ бахудт. Дæ уарзон скъола дæр—уæртæ, Нæ дзы цæуы иунæг сыбыртт дæр. Ам сабитæ гуырдзиаг дамгъæтæй Куы тауынц тетрæдты быдыртæ. Уым рудзгуыты фæстæ кæрз бæлас Кæм ыскодта аууон йæ сыфтæй, Сæууон дымгæ сабиты хъæлæс Гъеуырдыгæй азæлгæ скъæфы. Рæсугъд æмæ стыр кæрты иугæр Ныййазæлди дзæнгæрæг дардмæ, — Уым сабитæй нал вæййы иу дæр, Æрбакæлынц райдзаст къласмæ. Æрхæццæ та амондджын рæстæг, Дæ кълас дæр мæнæ—дæ разы. 48
Дæ зондджын, дæ фæлмæн ныхæстæм Ыскæсы сызгъæрин хур, хъазгæ. Ды афтæ дæ рухс зонд æнæвгъау Сывæллæтты æхсæн куы тауыс. Æрвылбон сæ, буц уарзон мадау, Дæ фæлмæн ныхасæй рæвдауыс. 4 Райдзаст Гуырдзыстои
Табидзе Тициан * Гуырдзыстон, дæ сæнттæн, дæ уарзтæн Мæ зарæджы дарын сæ уд. Æз, хъамылы хæтæлы уастау, Былтæ дзы куы нæ кæной фу. Æууæнд мыл, сæдæ зынгзæрдæйы Мæ риуы куы уадзиккой арт. Æз уадындзтæн ралыг сæ кæнин,- Цæмæй дын ныккæнон мæ зард. Къахетийы хæхтæ ’мæ хъæдтыл Ныййазæлид цинджыц хъæлæс. Дæ тæрхоны дзырдæй мæлæт дæр Хæрзиуæгау райсдзынæн æз! Нæ фыссын стихтæ æз, — сæхæдæг мæ фæфыссынц уацау, Æмæ ызгъоры семæ царды уылæнты гуылфæн. Циу стих? Уый—митзæй. Фемæхсы æмæ куырдадзау Ныффу ласы, — æппæт нынныгæны йæ урс хъæцæн. Æз райгуырдтæн апрелы дидинджыты урс къæвдайы. Дзæгæрæджы тымыгъы — пумпуси фæткъуы бæлас. 50 .
йæ дидинсыфтæ — раст цыма мæ цæссыг уайы, Æмæ ысфæлгонц и, хуыдымау, къохы тæккæ раз. Уым ис нысан — кæй амæлдзынæн. Искæйы цæстытæ Куы феной, куы, мæ рæнхъыты хæрдгæбыд фæд, — Мæ сæрыл сдзурдзысты, кæндзысты тынг мæстыдæр, Поэт куы уа, миййаг, зæгъдзæнис уæд: Уыдис æцæгдæр иу ахæм æнамонд къаннæг, Орпиры былгæрæттæй рацыди кæддæр. Фæстауæрц кодта стихтæ, раст цыма фæндагмæ Йæ хызыны уый хаста-иу æлутон, сойджын хæрд. Адзалы онг уый хурхæй цины ’лхынцъы марди, Гуырдзиаг дзырд, гуырдзиаг боны рухсæй рад. Уыдис сæ дыууæйыл дæр афтæ ’нувыд царды, Æмæ ныхгæдта уый йæ хуылфы амонды фæндаг. Нæ фыссын стихтæ æз, — сæхæдæг мæ фæфыссынц уацау, Æмæ ызгъоры семæ царды уылæнты гуылфæн. Циу стих? Уый — митзæй. Фемæхсы æмæ куырдадзау Ныффу ласы, — æппæт нынныгæны йæ урс хъæпæн. Фæстæуæз аззад хъæу-черкесаг. Цæуын æгуыппæг нарæг комыл. Терк зарынмæ алæмæт фестад, Йæ сонт пæррæстæй хæхты домы. Фæкъул и арв. Сæнайы риу æм Быцæу лæууы йæ цъити тигътæй. Къæдзæхы скъуыдты дымгæ ниуы, Къæдзæхы цæссыг згъæлы мигъы... Æмбарын æз, кæмæй фæлыгъдтæ, Фæдисы хъæр дæ фæдыл хъуысти. Ехсытау — нуæртты дымст гæрзытæ... Бæрзæйыл ’згæ архъан æртыхсти. 51
Уæларвæй нæй лæвæрд фæндæгтæ. Уарзт, уый мæнæн у хайгонд растдæр. ■ Уæгъддзых дзæгъындзæгау нæ фæдæн, Цæмæй хи ирхæфсон мæ тарстæй. Ды дæ сылгоймаг, зоныс царды: Æвронгдзинад нæ цæуы хинæй. Уыдтæн цыма æз йемæ аргъуыд — Дæлджинæгау мæ ласы химæ. Фæнды мæ: Мцыри сауæхсæвы Куыд уа хъазуат ыстайы ныхмæ. Æрмæст дæу тыххæй зæрдæ стæлфы, Æрмæст дæуæн — мæ дондзæстытæ. Фæнды 1мæ: ахауын уæлгоммæ, Хуыссын, — Ара’гвæ хох кæм æхсы. Мæн амардтой сæрсæфæн комы, Дæумæ дзы мур азым нæ кæсы. * * Мухраны астымы æввонг æмæ æнцонæй Куыд ысвæййы апрелы цинæй кæрдæг пух, Кæнæ Арагвæйы дæтты сæумæ, йе бонæй Цъыллинг куыд фæкæны форель кæсаг æдзух. Кæнæ куыд фæзилынц цæрдæг зæрватыкбалтæ Сæ рагон ахстæттæн сæ алыварс. Кæнæ хæххонтæн бонцъæхыл, тæмæнтæ калгæ, Куыд æрзæбул вæййы сæ сæрмæ стъалыбардз. Кæнæ та айнæгыл, æнусон дуррæдзæгъдтыл Куыд фескъæры фиййау йæ фосдзугтæ, рæгъау, Куыд æрбады фæлмигъ Сæнайы митсæр рæгътыл, Куыд ыссудзы зæрин тын сонт Терчы зынгау, Гъе афтæ ’нцонæй, бархийæ, уæгъдибар, Цыма хуымгæнæгæн йæ зард хуымы кæрон, Гуырдзиаг аив; стæй рæсугъд дзырдтæй мæхи бар ’Ысси ныззарын тынг Фыдыбæстыл мæ бон. 52
Гришашвили Иосиф ÆРМКЪУХЫ ТЪНÆГ Иу... дыууæ..Лæртæ... Хуыцауыстæн, бæрæгбон мын у абон. Хъуамæ дын, мæ зæрдæдарæн, иу æрмкъух мæ номыл раттон. Зоныс? Бахуыдтон æй алгъуызон æндæхтæ ’мæ гæппæлтæй. Нæу æрмæст æрмкъухы хуызæн мæнæ ахæм хуыз нысæнттæй: Хъæды чызг мын дысон фыны сусæгæй мæ хъусы загъта, Зæгъгæ, «раст мæнау, фæлмæн мигъ иу хохыл йæхи æруагъта». Райстон уайтагъд уæд кæсæнцæст, хохмæ кæсæнцæст фæзылдтон. Уыцы хохыл ныр цы мигъ æрбадти, уый бæстон ысуыдтон. Арвырон мæхимæ ’рхуыдтон, алы дидинджытæ ’ртыдтон. Хохы цъуппæй раст йæ бынмæ нарæг даргъ асин ысбыдтон. Хохыл уым цы мигъ æрбадт фæлурсгондæй, фæлладæй, Уымæй æз æрмкъух ыскарстон хуры диссаджы хæсгардæй. 53
Æз уæд алгъуызон уæздан æндæхтæ мæйæ ’фстау куы райстон, Рухс хуры зæриндонытылд судзин суадонæй æрхастон. - Суадоны цæстыхаутæй йыл æз æрттивгæ ’ртæхтæ скалдтон. Бахуыдтон æрмкъух, цæмæй йæ ныр дæуæн лæварæн раттон. Фæлæ ’гънæг! Æгънæг! Нæ ардтон никуы, рагæй йæм бæллыдтæн... Æз кæм нæ уыдтæн... кæм-иу не сгæрстон! Дунейыл фæзылдтæн. Суанг ма денджызæн йæ бынмæ дæр ныццыдтæн æмæ кастæн. Уым æнæбын денджызæн йæ арфы тынг дæрдтыл фæхаттæн... Æз рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ ’гънæг æппын нæ ардтон... Уæд фырмæстæй срызтæн æмæ скуыдтон, ставд цæссыг ныккалдтон. Уæгъды сты мæ фыдæбæттæ, — загътон, — чи бацыд - мæ хъыджы? Фæлæ уалынмæ æртагъд мæ цæстытæй дыууæ цæссыджы. Æмæ ме ’рмкъухыл, æрттивгæ, ставд цæстысыгтæ æрхаудтой. Бахуыдтон сæ ’гънæгæн... Ныр бынат мæ цæстысыгтæ ссардтой. У бæрæгбон! Дæу нæ уырны? Дзуарæй дын кæнын æз сомы. Айс ныр ацы ’рмкъух дæхицæн, дар-иу æй, мæ хур, мæ номыл! МОЛЛО ÆМÆ КУЫДЗ Адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ Царди, уыд хъæздыг къупецаг. Стурвосæй йæ кæрт уыд йедзаг, ’ Стæй фысвос æнæнымадæй. , 54
Цардис къупецаг мæнгардæй — Алкæйы æфхæрдта, сайдта... Царди, уыд хъæздыг къупецаг. Уыд йæ дзыпп æхцайæ йедзаг, Фос уæй кодта, фос — йæ пайда... Фосы дзугтæ, дзугтæ, дзугтæ, Фос — йæ дзуринаг æдзухдæр, Фос — йæ цины сæр, йæ мæстаг, Фосмæ уыд йæ каст æрмæстдæр, Фосæн кодта уый уæтæртæ... Фосæй систы лæджы тæнтæ Хоры къутуйæ фæтæндæр... * * Хъæздыджы уæтæртæй иуы Иу куыдз уыд, фиййаукуыдз Мури. Мурийæ хъæхъхъагдæр чи уыд, Ахæм куыдз зæххыл нæ уыдзæн. «Уыст» ын зæгъ, æндæр-иу куыдзæн Нал уыд иргъæвæн, уромæн, — С’ алыварс зылд фосæн, хъомæн. Бирæгъты æрдонггай цагъта, Фосæй иу дзæгъæл нæ уагъта. Фæлæ иухатт куыдз фæтыхсти — Хурхы уæныстæг фæныхсти Æмæ нал ракаст йæ цæстæй... Къупецаг ныррызт фырмæстæй, Сонтæй йыл фæтар ис бæстæ Æмæ загъта: «Гъе, мардзæтæ, Тагъд арæвдз кæнут мæрддзæгтæ. Мацæмæй зæгъут æвгъау у,
Баныгæнæм æй æгъдауыл, Адæймагау, кадыл, радыл»... Дарæсы йæ сфæлындыдтой, Сынтыл гауызтæ æртыдтой Æмæ рахæссынц сæ марды. Куыдзы фæстæ цыд æнкъардæй, Сау дарæсты мидæг тарæй Къупецаг, бынтон нырхæндæг; Уый фæстæ æндæр лæгтæ дæр — Ингæнкъахджытæ цыппарæй. Куыдзы зæххы бын фæкодтой Æмæ йыи йæ хæрнæг хордтой... ’ Молломæ куы байхъуыст хабар, Уæд фырмæстæй рафыхт, атар: Диссаджы æбуалгъы хъуыддаг, — Загъта, æмæ лæджы ’рхуыдта. Сонтæй йыл йæ къухтæ сцагъта: «Уæ хуыцау кæмæн нæй, — загъта, — Уый цы бакодтай дæ куыдзæн? Уымæй ма фыддæр цы уыдзæн? Цавæрдæр куыдзы хъæвдыны Адæмы мæрдтимæ бавæр?! Уæ хуыцау, тыхджын нæ бафхæр! Дуне ис дæуæн дæ быны, Алцыдæр уыныс ды дардыл, Басудз нæ зыпдоны арты!» Фæлæ къупецаг лæг рагæй Тынг дæсны уыдис æвзагæй. Загъта моллойæн уый афтæ: О молло, куы йæ зыдтаис, Уæд ныр афтæ карз нæ уаис, Чи зоны, кæнис мын арфæ. Уый цы уыди зонд, æгъдауæй! Баууæнд мыл, нæ куыдзы хуызæн Нал дæр ис æмæ нæ уыдзæн! Ахæм куыдз кæй сыхаг фæуа, Уый дзы хъуамæ стыр бузныг уа.
У тæригъæд ахæм фауын. Куыдз куы мард, мæгуыр, уæд ма мын Радзырдта фæстаг ныхасæн: «Æз цæуын мæрдтæм уæ разæй Æмæ уын фæдзæхсын карзæй, — Хи уд рох кæнын нæ хъæуы. Ис нæ фосæй иу дзуг хъæуы, — Нæй сæм фау æрхæссæн нардæй. Уыцы фосæй радих кæнут Раст æртын фысы’нымадæй, Æмæ сæ фæрнæй ныскъæрут Моллойы кæртмæ фæндонæй Куиты зондджындæр — мæ- номæй». Афтæ, молло! Зон, æндæртау, Мах Мури нæ уыд æнæгъдау. Зонд æмæ æмбаргæ митæй Хицæн кодта иннæ куитæй. Æз — мæгуыр, цы ма кæндзынæн! Ахицæн йæ уд мæ ’куыдзæн! Ахæм куыдз ма мын кæм уыдзæн? Уый фехъусгæйæ дын молло чАздыхта цæрдæг йæ боцъо, Къухтæ арвы цъæхмæ систа, Стæй æнувыд кувын систа. Иуцасдæрмæ къухтæ ’руагъта Æмæ къупецагæн загъта: — О, ды цæрай, ахæм куыдзæн Нæй куыдз хонæн, раст нæ уыдзæн. Атахти йæ уд нæ разæй, Афонмæ уæлæрвты хъазы. Дзæнæты цæрдзæн æнусты — Куиты ’хсæн уыдис уый рухстау. Махæн амонæг — нæ хуыцау, Ацы куыдзæн дæр лæджы ’гъдау Уый фæндæй æрцыдис арæзт. Рухсаг уæд, æххæст нæ райрæзт, Ацыдис, цы йын у мах бон, 57
Мах ныууагъта уый фыдраны. Тагъддæр мæ йæ цурмæ ахон, Бакæсон ын стыр хъуыраны. <к^^>
Шаншиашвили Сандро ЦÆЙ, ФЕРОХ КÆН ДÆ ЗЫНТÆ Цæй, ферох кæн дæ зынтæ, -’ У хъæлдзæгдæр фæлтау. Розæ ’ртыдтай, аппар æй, Ма йæ кæн æвгъау. Дæ зæрдæйы уæззау риссæн Уæд нал уыдзæн йæ фæд. Ныззар, æмæ зæрдæниз дæу Нæ тыхсын кæндзæн уæд. - Æрцу, мæ хур, фæцин кæн ды мæ куывды, Дæ хъизæмæрттæ ферох кæн бынтон. Ныззар, уæд сагъæс нал уыдзæн дæ зæрды, У хъæлдзæг, куыд æрттивгæ майы бон. Æрцу нæм, куы дæ фæнды, æз зонын, Дæу цас фæнды, гъе уыйбæрц дæр фæхуд. Æмæ та зæрдæ уарзондзинад дома, Дæ сагъæстæй фæцух уыдзæн дæ уд. ЦИАЛÆ Тагъд кæнын мæ уарзон хуры размæ Дыргъдонмæ, сæ кæрты дуар дæр байгом. Уым мæнмæ æнхъæлмæ кæсы уарзгæ, Уым мæнмæ æнхъæлмæ кæсы Циалæ. 59
Базондзæн мæ, фестъæлфдзæн, ныххуддзæы, Фидар къухæй розæтыл ныххæцдзæн, Розæты баст уый мæнмæ куы дæтдзæн, Райхалдзæн йæ дзыккуты Циалæ. Æз куыддæр фæцæйцæуон нæхимæ, Уый кæудзæн, кæндзынæн ын тæригъæд, Хыл кæндзæн йæхинымæр мæнимæ, Цæссыгтæ та руадздзæни Циалæ. Уадз, хæрзчысыл арисса йæ зæрдæ, Не ’мбæлд уæд хуыздæр уыдзæн изæртьг, Циндзинад уæд хъаздзæни нæ сæрты, Хъæлдзæгдæр фæуыдзæни Циалæ. ФЫЦЦАГ ЗÆРВАТЫКК Уалдзæг ралæууы, —эзæрватыкк, Арвы фæтæнты хæтыс. Уæд дæумæ фæбæллын арæх, Æз дæуау тæхин хæрдты. Зæгъ, кæм ыссардтай дæ хоты, Зæгъ, цы бæстæты фæдæ? Хъæлдзæг арвыстай дæ бонтæ, Ныр æрбатахтæ мæнмæ. Арвыл сау мигътæ куы схъазынц, Арв куы фæкалы цæссыг, Уæд дæ тæригъæддаг уасын Раст мæм, чонгурау, кæсы. Быдыр хуримæ куы хъаза, Фæз та дидинтæй — фæлыст, Ды, мæ зæрдæйау, уæд размæ Арвы кæрæтты тæхыс. Фæлæ фендæр ысты бонтæ, Бæлас сбæгънæг, — у æнкъард,
Уæд куы атæхыс бынтондæр Ды æндæр бæстæтæм дард. Арвырттывдау базыртæ,куы стилыс, Уæд цыма мæ зæрдæмæ ныхилыс. Миййаг рæхджы куы нæ уал .уон аев уе ’хсæн, О, сабитæ, фæзынут-иу мæм тагъд. Хъæуккаг чонгур мæ сагъæс дардмæ фехсдзæн, Ныййазæлдзæн дзæнгæрæгау йæ цагъд. Куыд тынг уарзтон уæ хъæлдзæг худт, хъæзтытæ, Уæ иу фендæй мæ низ дæр ма-иу тад. Сымах ыстут мæ амонды мæсыг дæр, Уадз азæла сымах охыл мæ зард. Мæ уарзон зæххыл байрæзут дзæбæхæй, Уæ цинаг царды фынгтæ сты цæттæ. Гуырдзыстон хъуамæ кадджын уа сымахæй, Кæнæ уа ’взонг мæ цардбæллон зæрдæ. Фæдзурут-иу уæ сагъæстæ мæнæн, Нæ нын уыдзæн уæд хицæн- цард гæнæн. =*ш^
Абашели Александр РУХС ТЫРЫСА Кæд уыцы бонты зæрдæ мигъы суазал, — Хур, уалдзæгыл ныззарыдтæн уæддæр, Æмæ гъеуыцы зард мæнæн тых радта, Цæры мæ риуы уыцы тых ныр дæр. Æрхаста махæн абон.уалдзæг хорз тæф, Нæ бæрзонд хæхты сæртæ—урс-урсид. Нырау кæд уыди базырджын поэт ’та, Нырау йæ бæстæйы кæд хъуыст йæ сидт? Хъуыды кæнæм зæронд заманы зарæг, — Нæ уыд ныззарæн зæрдæйы фæндон. Цыди йæ хъæрзын райгуырæн бæстæйæн, Уæд цины зарæг нал хъуысти бынтон. Орбелиани уыцы хъыг æвзæрста, йæ хъысмæт уыд йæ бæстæимæ баст: «Зæронд дæн æз, мæ ингæнмæ фæцæуын, Хæссын мæ бæстæн мемæ æз йæ маст». Кæнæ Акакийæн йæ тæрных, Æхсæвы талынгау, нæ уыд æнкъард? Стæй Чавчавадзе талынджы нæ хъуыста, Куыд домдтой адæм уæд сæрибар цард? Сæ ном—цытджын, сæ уæззау тохты уыдон Рæвдыдтой сæнтты мах бонтæй сæхи,
Тырысайау сын адæм се стих хастой, Æнусты сьш уый рухс хурау сыгъди. Сæ дзырдтæй-иу æхсæвы райхъал кодтой, Сæ цырагъ абон дæр нæ кæны тар. Уыди сæм дард кæд бонынцъæхы сахат— Нæ фидæнмæ нын байгом кодтой дуар. Нае фæлтæртæн гранитау у сæ хъару, Нæ зонæм мах, — æбардзинад та циу? Уæлахиз райстам ленинон фæндагыл, Нæ зард фыдæлты хъæлæсимæ сиу. ДУРЫН САГ Нарихъалы фидар мæнæ — Раст, цыма къæдзæхы таг. Слæууыд айнæгыл, фæлгæсгæ, Иу гуырвидыц дурын саг. «Ардæм мæм зынынц нæ хæхтæ, — Афтæ у йæ хъаст, — мæнæн чОх, хъыгаг æмæ мæстаг у, Æз къæдзæхыл хуыд кæй дæн>>. Райдзаст æхсæв, тар лæгæтмæ Мæй æрнывæзта йæ тын, Цинæй дурын саджы зæрдæ Райдыдта тæп-тæп кæнын. Цыма райгас и кæрдгæныв, Фестад ныр цыма нæл саг, Аныгъуылди хорз бæллицты, Зæрдæ мысинæгтæй — дзаг: Донмæ, цъæх сыфтæрты хафгæ, Къахвæндагыл уый тындзы, Къалиуджын бæлæсты цæнгтæй Хихджындæр йæ сытæ сты.
Уайтагъд ауади йæ хъустыл Рог къахдзæфтæ ’мæ уыны: Базыдта йæ цардæмбалы, Хъуаз йæ хæд размæ зыны. Фæлæ саджы сау цæстытæ Джихæй ’нæдзургæ кæсынц, Афтæ ма тыбар-тыбуртæ ’Ртæхтæ стъалытау кæнынц. АПЕЛЬСИНТÆ ÆМБЫРДГÆНГÆЙÆ Апельсинтæ. Дыргъдон хъазы хурмæ. Лæппу чызджы цæстмæ тоны цырд. Чызг куы схуды—бæлæстæн йæ худтмæ Райхъуысы сæ сыфтæрты сыр-сыр. Лæппу зары. Хъæлдзæг у йæ зæрдæ, Зарæг артау зæрдæйы ысфыхт: Чызг хуымæтæджы нæ басырх, уæртæ, Цыма йыл сырх сæуæхсид ыссыгьд. «Ахорæнтæ схардз кодтаид-бирæ Уарзоны ысныв кæныныл æрдз! Дис кæнын, куыд базыдта, куыд сарæхст Сныв кæнын йæ сау æрфгуыты къæдз!» Апельсины кæритæ сæ разы, Уæлдæф у сыгъдæг æмæ хæрзад. Чызг æй куысты н ’ауадздзæн йæ разæй, Зарды дæр дзы ратондзæн йæ кад: «Рæзын колхозон фæллойы цинæй, 'Ркодта хур мæ цæстыты фысым. Сæрд мын апельсины сызгъæринæй, Ракæс-ма, мæ уадултыл фыссы». «Стъалыджын цъæх арвы дæр мæ фыны Фенын де ’рфгуыты æхсæнæй, зон. Сты бæзджын дæ æрфгуытæ, сæ быны Бамбæхсиккой маргъы дæр бынтон». 64
«Бæлæстæй сызгъæрин апельсинты Се ’ппæтдæр куы нæ ’ртонай сæумæ, Атæхдзæни уыцы маргъ дæ къухтæй, Никуыуал æртæхдзæни дæумæ». «Уарзон чызгæн кæд йæ зæрдæ дур у, Дур уарзынмæ дæр цæттæ куы дæн. Ды мæн тавыс алы бон дæр хурау, Бонвæрнон ыстъалы дæ мæнæн». «Иу дæр мын нæ балхæдта мæ зæрдæ, Æмæ у мæ зæрдæ ныр æнцад. Стъалытæм æгæрон даргъ у фæндаг, Стъалытæ куы нæ сты дæу миййаг!» Лæппумæ чызг хинæйдзагæй касти, Лæппу дæр æм худыныл фæци. Сыфтæртыл сыр-сыргæнгæйæ хаста Дымгæ дардмæ ’взонг зæрдæты цин. 5 Райдзаст Гуырдзыстон
Гаприндашвили Валериан ИЗÆР САГУРАМОЙЫ Нæуæгæй та Илья æрлæууыд зæрдыл... Арагвæ судзы хус назы цырагъау. Æнусон тæрс фæцыд хæрдмæ, фæйнæрдæм, Йæ фенд мæнæн цыдæр уæлдай зынаргъ у. Пæ къалиутæй афтид тыргъыл узæлы, Нæ йæ уырны, Илья кæй нал ис йемæ, Цыма Нестан, зианджыны хуызæнæй, Кæсы æнхъæлмæ уарзонТариелмæ. Æвæццæгæн, зæрингъуыз тæрсы баззад Ильяйы уд æд зыланггæнаг рифмæ. йæ сыфтæрты дымгæмæ сабыр базард Рæвдауæг хурау уымæн хъары риумæ. Бæрзонд хæхтæн æрттивы дард сæ ихдзарм, Дыууæрдæм быдыр айтынг ис цъæх тынау. Кæм уыдзæн ацы тыгъдадæн йæ хицау? Кæм ис йæ уд? — Æз æй æдзух уынын ам. Фæллад хæл-хæл куы кæны суадон кæрты. Нæуæг чидæр бæрзонд тырыса дары. Загэсæй дардыл апырх ис цæхæртæ, Сæнтуазал дон ызгъоры Натахтарæй. Куыд тох кодта зындгонд абырæг Къокъо, Уый дзурынц абон бæласы сыфтæртæ. 66
Æрбаввахс кæны скъоладзауты хъал къорд, Сæ хъаст, сæ худтæй рухс кæны мæ зæрдæ. Æрталынг ис. Улæфы Сагурамо. Ыстъалы фестад арв кæрæй-кæронмæ. Мæ уарзон тæрс Сæнайы хохау—рагон, Мæнæн кæндзæн фынæйы зарæг бонмæ. КВИШХЕТЫ ДЫМГÆ Сабийы бонтау Квишхеты дымгæ Уддзæф рахаста алы дидинæн. Рустыл асæрфта арм æнæзынгæ, Æмæ ме ’фцæджы атыхст фырцинæй. Хъеллаугæнæныл мæн уый сæвæрдта, Цыма хосгæнæг уыд мæ сагъæсæн. Загъта: атæхæм мах æфсымæртау Хæхтæм, быдыртæм арвæй акæсæм. Загьта: фестдзынæн æз кæлæнгæнæг, Дард фæсурдзынæн риуæй рисдзинад. Арвы алыран ис мæ дзæнгæрæг, Уйм фæлтæрддзинад мемæ исдзынæ. Катай ма кæнай дард цъæх цæстытыл, Тых куыннæ сæтта азты нымæцæй. Царды ма 'уУæнДай ды мæнг дæснытыл, Зæрдæ ма судза риуы фырмæтæй. «Иу мин иу æхсæв» цæстыл ма уайа, Мæйæн ма кæнай ды дæ хъæстытæ. Уай æнæбарон фидар хъамайау, Тас куыннæ зонай алы хæсты дæр. Фенай денджызы карз хъæхъхъаг уылæн, Фенай цъититæ, фенай миты зæй. Ахæм дидинæг хæхты ’рцагурæм, Джих куыд аззайа лæг йæ фидыцæй. 67
Цырддæр! Гъæйтт-мардзæ! Марадз, баныфсхæсс! Æви нæ хъусыс мæргъты хъæлдзæг зард? Абон ног фæндаг ыссарын—де стыр хæс, Лæгъз, хъуына фæндаг царды ма равзар. Уæлмигъ аййафæм цырд хæдтæхджыты, Арв æрттивдзæн уым авгау фырцъæхæй. Скæнæм стъалытæй мах æгънæджытæ Æмæ уыйфæстæ ардæм ’рыздæхæм. Ау, æцæгдæр мæ суадон ныххус, Миййаг кæд мæхæдæг мæнгдзырд дæн? Ау, Бетховенау нал ахсы хъус Мæ адæмы уарзондæр мыртæ? Кæд æцæг у, мæ дзырдтæ, сымах Уæд дзæгъæлы мæ зæрдæйы хастон. О, куыд фæласын судзины ’ндах, Афтæ обрæз æз рифмæйы ластон. Уыд мæ сагъæс, ныр дæр ыл сæттын, Кæд æмдзæвгæ ныффыстон, уæд тынг хорз. Хъуамæ дымгæйау ’рзила дæрдты, Уа нæ адæмæн, гъæйтт-мардзæ, удхос. Уæд сыгъдæгзæрдæ лæджы хуызыл Куы куыстон — нæ зыдтон фæллайын. Æз цы сарæзтон царды чысыл, Уый нæ баивин стыр ном, æхцайыл. Фæлæ дæн æз ныртæккæ зæронд, Ныффæлурс мæ дзырдтæн сæ цæсгом. Мæн уырны ’мæ та ралæудзæн бон, Хъуамæ базырджын дзырдтыл фæхæст уон.
Мирцхулава Алио РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ Дзурынц, зæхх, дам, у бындур æппæтæн. Нæй бæласæн ’нæ уидагæй цард. Чи рох кæна йе ’взаг, йе йæ бæстæ, Уый мæрдтыл у алкæддæр нымад. ПОЭТ Уый размæ цыд, йæ зæрдæ уыд цæхæр, Уый кодта тох рæстдзинадыл йæ дуджы. Уыи саста алы рæнхъыл дæр йæ сæр, Йæ пъеро-иу ыстылдта уый йæ туджы. ЗЫНГЫЛ ТАУРÆГЪ Мегрелаг артдзæсты цур бадгæ, Мæ хъустыл ацы таурæгъ цыд: Лæгæн хуыцауимæ йæ карз тох Æрвон зынджы тыххæй куыд уыд. Лæджы куыд ралгъыста хуыцау уæд, Мæстæй куыд нал ардта йæ ран, Æмæ куыд мардис хъизæмарæй Кавказы хæхтыл баст Амран. Уый хурæй раскъæфта цæхæрзынг, Ыссыгъта уый Октябры арт. Цагъары рæхыстæ ныссаста, 69
Хызта уый уарзондзинад, цард. Æз дæр мæ сабийæ фæстæмæ Фæмысын ацы таурæгъ тынг. йæ хъуыдытæй мæ зæрдæ дзаг уыд, Мæ фысты ис Октябры зынг. ÆХСÆВЫГОН УАДЫНДЗ Сабыр æхсæв чи ныззары Уадындзæй зылангæй? Чи бахæцыд уаты дуарыл Ацы ’нафон, хъавгæ? Ма банхъæл: дзæгъæлдзу дымгæ Уый рæзты нысхойы — Уый мæнæн мæ ног æмдзæвгæ Уарзоны дуар хойы. ЧЫЗГМÆ Йæ мидбыл худгæ загъта чызг мæнæн: — Уæд та цæргæсы базыртæ, тæхуды!.. Ды базæронд дæ, калын æз тæмæн, . Нырма æвзонг чызг дæн, мæ цард мæм худы. Нæ, раст иæ дæ, мæ ахсджиаг бæлон! Мæ хур фæкъул, уадз, фенон æй ыссывдæй! Мæ сæр нæу митау урс халас, уый зон, Æмбæрзт у урс розæйы дидинсыфтæй. «Дæуыл сæнттæ цæгъдын мæнæн у знаг», — Дзырдтон-иу æз кæддæриддæр мæхицæн. Бæллын рæвдыдмæ, ма ’рныгуыл, миййаг. Кæрон дæр нæй мæ сагъæстæн, бæллицтæн. Зæронддзинад! Иæ кой мын нæу æнцон. Æлхъивы мын мæ арм йæ мæллæг къухæй. - Фæлæ мæн иу хъуыды нæ уадзы ’нцой — Дæ сæр ^цын æз кæй нæ фендзынæн урсæй. 70
ХУРЫ ПЪА Нæй кæрон мæнмæ дæ карз фыдæхæн, Ме ’ндиуд мийæн скæн тæрхон, зынг хур! Чи раскъæфта зынг, — уадз сау къæдзæхыл Балвасæд дæ артдзыкку йæ хурх! Æз салдатæй сфыхтæн хæсты карзы, Ныр фæсвæд, дæрддзæф хъæуы, фæсфронт, Азымджынæй слæууыдтæн дæ разы, Пъайы тыххæй басудзон бынтон!.. Мæн фæтъыссынц хъуыдытæ сæ хъама, Арвæрттывды ахсты ссардтон рис. Ехх, æмæ дæ дзыккуты хъадаман Атон-, йе та зæхх æккойæ сис! О, æвзонгад, райс дæ маст, — æз курын! Фæлæ ’взонгад хауæццаг фæцис, — Раст цыма, чи бауарзта йæ сурæт — Дæлджинæджы фесæфæг Нарцисс. Мин хатты мæ байтындзæпт, мæ хъысмæт Уа цæйнæфæлтау къæппæджы ахст. Судзгæ пъатæ раскъæфæг æлгъыстæн Никуы ’рцæуы, ау, йæ фыдми барст? О, куыд риссы зæрдæ карз тæрхоны!.. Иунæг бон дæр нæй æнæ дæу цард. Уадз, «Уæлдæфон» галуан дын ысхоной Дунетыл дæ тæмæнкъулджын уат. Фæлæ азилыс дæхи фæлмастæй, Ехх, уæд та дæ цæстыты арт уын! Хур, сызгъæрин хур, нæ хæхты астæу . У ныгæд йæ хъуырмæ дурты бын. Æз — æнæ хай ныр дæ цæсты рухсæй... Нал ис хос мæ зæрдæдзæфæн, нал: Сиддзæни зынгмæ мæ уд æнусмæ, Мæнæ цыма хæхтæм баст Амран. 71
ИУГОНД УАРЗТ Абоны уаг уарз дæ тых-дæ бонæй, Уарз дæ ивгъуыд, фидæныл æууæнд — «Абон» раивы йæхи «ызнонæй», «Райсом» та «ныртæккæ» свæййы уæд.
^то^\\\\\\^""4"4'^^ Абхаидзе Шалва МАДЫ ФЫСТÆГ Дæ цухъхъайаг тынмæ та бавнæлдтон, мæнæ, Нйрма йæ нæма скарстон, — не ’нтыст. Æваст уæд нæ рудзынгæмбæрзæн нызмæлыд, Стæй цъиуы цъыбар-цъыбур фехъуыст. «Æрхæсс мæм, мæ къона, дзæбæх хабар тагъддæр»,— Зæгъгæ, æз зæрватыкмæ сдзырдтон. Æцæгдæр мæм уалынмæ иу писмо ’ртахти, Уый райстон мæ хæстон, мæ фыртæй. Фыссыс мæм, мæ хъæбул, егъау тох кæй цæуы, Ныфсджынæй кæй бырсыс ды размæ. Мæ зæронды бонты мæ ’руадзын нæ хъæуы Мæ урс сæр мæ хъысмæты размæ. Ызнон та дæ федтон мæ фыны, мæ цинад, Цыма та ды бадтæ мæ цуры. Дæ хъарм комытæф, стæй дæ рухс уарзондзинад Мæ зæрдæ куы батавтой хурау. Æмæ та фæкуыдтон... дæуæн æз фæтæрсын, Мæнæн ды мæ цæугæ мæсыг дæ. Ныртæккæ, зон, алкæмдæр афтæ лæдæрсынц Ныййарджыты судзаг цæссыгтæ. Дæ райгуырæн бæстæйы базырты бын дæ, Йæ цæст дæм æдзухæйдæр дары. Нæ дæ ферох кодта нæ хæдзар æппындæр, Дæуыл у нæ бæлæтты зарын. 73
Дæ зæрдыл нæ адæмы ныхæстæ бадар: Йæ туг мах ныккалдзыстæм знагæн. Хæлардзинад рагæй у махæн цырагъдар, Нæ адæм — æфсымæртæ рагæй. Нæ рагон зæхх цух у æгады хъуыддагæй, Æхсад у хъæбатырты тугæй. Мæлæт кæд дæу айста дæ хъайтар фæндагæй,"— Нæ ферох уыдзынæ нæ дугæй. Миййаг кæд дæуæй æз фæцух уон, мæ хæстон, — Гуырдзиаг мæр-зæххы уæвгæйæ, Хуысдзынæн æнцойæ: сыгъдæг у дæ цæсгом, — Ныййарæджы уарзтай зæрдæйæ. Æгас цæуæд æрвон æгæрон тыгъды фидауц. Фæлæ мын царды уарзон канд уый нæу, — Мæ удау уарзын æз, куыд фæцæуы сындæггай Бæрзонд хæхтыл лæсгæ цъæх мигъ... Æз уарзын доны змæлд æмæ хуымгæнды даргъ хахх, Сæрыстыр митрæгътæ, гæдыбæлæсты уынд. Æгас цæуæд, æгас, Спасскы мæсыг, сахат, Нæ заводтæ куысты куыд никуы кæной «цъынд». Фæнды мæ, бæстæ, тынг аив, аккаг амæлттæй Дæ цыт дын равдисын, фæллойы стыр гæнах. Æгас цæут, æгас, мæ æмбæстаг хæлæрттæ, Мæ зарæгæн йæ ныфс, йæ базыртæ — сымах. 74
ТÆРККЪÆВДА Уалдзæг Сосланы æрдынæн йæ къæлæтæй Хидтæ сарæзта дæттыл дзæвгар. Арв та фемæхст, ныккалдтой тæрккъæвдатæ, Митуазал алыгъди зæрдæйæ дард. Хъæд фæхъал ис йæ уалдзыгон тар сыфтæй, Цыма бахуды фахсæй мæнмæ. Сыфтæр дымгæмæ тилы йæ базыртæ, Дидинæг райхæлди хуры тæвдмæ. Быдыр райхъал ис, йе уæнгтæ айвæзта, Стæй ыскалдта æртæхæй цæхæр. Дæлæ хуымгæндтæй уæлдæфы куыд айгæрста Тауæг тракторты араугæ хъæр. Ды дæ цæстæй ныры онг цы рухс уыдтай, Уый нæ фæзынди сонтæй, хæлар — Кусæг артуадзæг гутонæй сфæйлыдта Рагон цардæн йæ сауæмбыд цъар. Махæн ’хсыстысты тохты нæ къабæзтæ, Тохты заман нæ зæрдыл лæудзæн. Калы дидинæг, уалдзæгау, мах бæстæ, Цинæй райы мæ зæрдæ мæнæн. Арв ныннæры, колхозон цъæх быдыртыл Уæд тæрккъæвда фæрсудзы йæхи. Уæд фæхæссы мæн зарæг йæ базыртыл, У фæндаггонæн зарæг йæ цин. Æмæ размæ, къæвдатæй нæ тæрсгæйæ, Æз мæхицæн куы гæрдын фæндаг, Æз — йæ хуызивæг райгуырæн бæстæйæн, Æз — коммунæ аразæг салдат. 4-
Надирадзе Колау ФÆЗЗÆДЖЫ ÆРЦЫД йæ къухты сæнæфсир, мæнæргъы, Уый афтæмæй махмæ фæзынд. Хæстæг хæхтæй саджы уынæргъын Мæйрухс æхсæв хъустыл æрцыд. Æз кастæн: сындæггай æртахти, Фæпухи сæнæфсиры буар, Йæ адджын сой дыргътыл æртагъди, Уый сæхгæдта дыргъдоны дуар. Хур ирд тынтæ зæхмæ куы ’руагъта, Фæтæн арв куы дардта сыгъдæг. — Йæ сызгъæрин фæдджи æрцагъта Цъæх цатыры сæрмæ сындæг. Æрбайсæфт уый къудзиты фæстæ, Сындæггай ныммарзта йæ фæд. Уый байтыгъта дзедырæг фæзты, Гранатты ыскодта рæгьæд. Уый федтой цъынатæ æфснайгæ, Уый хуымдзаутæн баххуыс фæндыд. Уæззау машинæты уый райгæ, Нæ хуымтæц бæркæдтимæ цыд. Нæ хатын: куыд ыссыгъта сугтæй Нæ уазал хъæууон пецы арт? Нæ хæхты бæгънæг сæртыл уайтагъд Куыд æркодта ставд ихтæй цъар? Куы ратахти уад-дымгæ хъазгæ, Куы калдта бæлæстыл йæ хъал. Уый хуссармæ скъæрдта йæ разæй Фиййауау зæрватыччы бал.
АПРЕЛЬ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛЫЛ I Фæлгæсынц денджызмæ батумаг дыргъ бæлæстæ, Æнцад ныхъхъуыстой уылæнты фæсус хъæрмæ. Зæрин тын худгæ райгуырд дард, къæдзæхты фæстæ, Æмæ ыссыгъди уайтагъд цъæх тыгъды сæрмæ. Дæрддзæф фæзындысты егъау сыгъды æвзæгтæ... Фæхæцыд чайкæтæн сæ урс базыртыл арт, Æмæ йæ бафтыдта аджайраг рæгьтыл, тæгтыл, Ыспиллон денджыз дæр йæ алфамбылай дард. Бæлонхуыз донгæрæтты, дзæхæрайьГрæзты — Кæсагахсджыты зарæджы тæхгæ уынæр. Цыма уыныс, уьшыс дæ хорз амонд дæ цæстæй, Цыма æнкъарыс абон рухс уалдзæг ды дæр. Уылæйты комулæфт ныр дурты хуылфмæ хъары, Фæлидзæг карз зымæг ныр ардыгæй æваст. Æмæ кæсагахсæджы цардмæтырнæг зарæг У мæнæ ацы райсом цардуалдзæгау раст. Фæлгæсынц денджызмæ батумаг дыргъ бæлæстæ, ,Æнцад ныхъхъуыстой уылæнты фæсус хъæрмæ. Зæрин тын худгæ райгуырд дард, къæдзæхты фæстæ, Æмæ ыссыгъди уайтагъд цъæх тыгъды сæрмæ. II Æдзух салам дæтгæ сæрвасæнрагъ уылæнтæ Батумырдæм тындзгæ æнæсцухæй тæхынц. Æмæ аджайраг дыргъы стыр цæхæрадæттæ Апрелы хуры хъарммæ цадæггай тæфсынц. Æхсæвы уымæлæй нæма фæцухи быдыр; Лæууы ма бæлас дæр кæд тарф фыны æнцад, Фæлæ апрелмæ, зонын, ракалдзæн йæ къуыбыр Æппæт, æппæтдæр фестдзæн дидинджыты цад! 11
Куырисбæстытæй денджызы фæтæн уæлцъарыл йæ хъазгæ, судзгæ тынтæ рапырх кодта хур. Кæмдæриддæр апрель бынат йæхицæн ары, Æмæ сывæллонау æнæхин1 у йæ худт... У афон, гъе! — тыппыр къомбохы тæнæг агъуд Бызгъуыр, лæзæрд хæдонау рахауæд бынтон! Уый ноггуырд райсом фурды тæккæ сæрмæ бахудт, Фæйнæрдæм акалд, цыма ивылд цъити дон. Æдзух салам дæтгæ сæрвасæнрагъ уылæнтæ Батумырдæм тындзгæ æнæсцухæй тæхынц. Æрцыдис уалдзæг. Ацы стыр рæсугъд дыргъдæттæ Сæрдыгон уарынтæм æнхъæлцауæй кæсынц.
7Й Абашидзе Ираклий ЛЕНИНЫ ЦЫРÆГЪТЫ РУХС Кæс-ма, æрцæудзæн Иорайы дон Чысыл фæстæдæр Самгоримæ фынккалгæ, Колхозонтæ ам уæлвæзты бæстон Ныссадздзысты сæнæфсиры талатæ. Цæхджын цæдты фæкæндзысты æдзæх Нæ Иорайы уылæнтæ фырзыдæй. Ныр Сацхенис ыскалдзæн рухс дзæбæх, Фæуыдзæн лидзæг сауæхсæв^йæ тынтæй. Иыртæккæ къанау арæзт ам фæци. Сигналмæ гæсгæ, диссаджы дыргъдæттæ Фæлмæн уымæлмæ цин кæндзысты, цин. Самгоримæ ныффæйлаудзысты дæттæ. Цы хуыскъ быдырты хур сыгъта æдзух, Гъеуыдон абон базмæлдзысты дардыл. Сæр-сæргæнгæ, фынккалгæ, дон рæсугъд Кæлдзæни Диди-Лилойы дуарыл. Цъæх денджыз раст Махаты цур уыдзæн. Ныртæккæ ам уый абухгæ фæйлаудзæн. Ам лæнчы сæрмæ арвырттывд зындзæн, Уæд арвы нæрдæн нал уыдзæн æнцайæн. Уæззау мигътæ фæирд уыдзысты ’васт, Æруардзæн, райдзæн бæстæ, æмæ ’ртæхтæ, Рæгъæд сæнæфсиры нæмгуытау, раст, Æрттивдзысты электроны цырæгътæм. Самгоры къæвда — арфæйы нысан, — Электронæн йæ цæхæрты æнхъæвздзæн, Æрттивдзæни уый арвыронау ам, Йæ тынтæ йыл Ильичы рухс нывæнддзæн. 79
КÆМ ФÆНДЫ УОН... Кæм фæнды уон, кæцы фæнды бæстæ йæ ахорæнтæ райдзæгъдæд мæ разы, — Æз базонын мæ райгуырæн фæзтæ, Нæ хæхты ’рттывд, нæ зараг дæтты хъазын... Ферганы-иу куы фенын æз æнтыст, Мæ зæрдæ йемæ цингæнгæ куы зары, — Уæд фенын Гремы уалдзæджы фæлыст Æмæ бæркадарм, сойджын Алазаны. Раст Къахетау, Ферганы дæр ысбыд Сæнæфсиртæй бæзджын æрдынæг уæртæ; Цыма нæхимæ уыд, сæ сусæг зарын цыд Мæ рудзгуыты бын бæлæсты сыфтæртæн. Æрбайрох мæ, кæй нæу мæ гуырæн зæхх, Æндæр кæй ысты хæхтæ дæр, стæй дæттæ, Аму-Дарья кæй кæлы ам уæрæх, Кæй мæм зынынц Тянь-Шаны цъити-цæндтæ. Æмæ дзырдтон: æндæр фыдыбæстæ ’ Æз н’ агурын, ам алцы фаг — мæ уарзтæн; Цыма уыдтон Гуырдзыстоны фæзтæ — Узбекистанмæ цингæнгæйæ кастæн. Кæм фæнды уон, кæцы фæнды бæсты Мæ цæст рæвдауæд ахорæнты буц уæфт, — Æз базонын Гуырдзыстоны фæзты, Гамборы æмæ Леуахийы улæфт. ДЫУУÆ АЛАЗАНЫ Мæнæ дыууæ фурды — уарзон æфсымæртæ, Се ’хсæн цъæх айнæг фæцыди бæрзонд. Мæнæ дыууæ фурды — рагон гуырдзиæгтæ, Иу у сæ бæллиц, сæ амонд, сæ конд. Мæнæ дыууæ фурды — ’мхуызон лæппулæджы, С ’амондæй раджы фæхицæн ысты.
Иу дзы куы згъоры Алванийы дурцæндыл, Иннæ Дагестаны хæхты тæхы. Айнæгфарс къæдзæхтæ, дуртæ — сæ развæндаг, Арф, нарæг кæмттæй сæ хъæр-ахст цæуы, Цыма сæ иу цæуы разæй — у мадæл саг, Гал-саг та цыма йæ уындмæ бæллы. Мæнæ дыууæ фурды, — зарынц дыууæ ’рвнæрдау, Фæндагыл се ’хсæн — цъæх айнæг къæдзæх. Фаллаг Алазанмæ махон зæрдæбынæй Сиды ’мæ сиды: æрцу мæм, зæгьгæ. Уарзон æфсымæртау дыууæ тæлтæг доны Рагæй кæрæдзийы уындмæ бæллынц. Уарзон æфсымæртæ — дыууæ буц фаззоны Рагæй кæрæдзимæ ’нхъæлмæ кæсынц. Уайынц сæ цæстытыл Волгæйы донбылтæ, Волгæйы донбылтæ — ’рвгæронау цъæх. Доны къанаувæдыл Волгæйы уылæнтæ Айгæрстой размæ сæ фæндаг уæрæх. Уайынц сæ цæстытыл Самгоры быдыртæ, Къанауты, гэсты куыст арвау нæры. Згъоры Иоры дон ацы дзаджджын къуыммæ, Хурæй сыгъд быдыры дойны сæтты. Уайынц сæ цæстытыл: фидæны рухс бонтæ, Хи къанау.тæ дæр куы фендзысты тагъд. Æмæ куы фендзысты цардбæл колхозонтæ Къанауы доныл Ильичы цырагъ. Цыма нæ хъал дæттæ фенынц нæудзарм фæзтæ, Къанаутæ, гэстæ сæ уæлæ — дзæвгар. Мæргътæ куы фæбадынц бæлæсты зад цæнгтыл; Тыллæджы ’рзадæн куы нæ ис æмбал! Уайынц сæ цæстытыл: кусæг, фæллойгæнæг Фурды уылæнтæн ныккæны хъæбыс. Бæстæйы сгуыхт кусæг — ног цардыл тохгæнæг, Æрдзæн — йæ дарæгæн ивы йæ хуыз. 6 Райдзаст Гуырдзыстон 81
ÆРТÆ ФИДАРЫ Муры хиды цур хох йæ бындзарыл Фурд кæм акъуырдта кардæрдауæгау, Фыдæлтæй баззад æртæ фидары: «Сæмбæл ыл», «Цæв æй», «Мауал æй ауадз». Куы-иу лæбурдта фыдгул, æгъатыр, Фыддæр-иу хæхтыл куы ’ртыхстис бонæй, Фидар «Сæмбæл ыл», — хæстон бæгъатыр — Æмбæлд ызнагыл хъæддых, уæндонæй. Куы-иу саст уымæн йæ фидар кулдуар, Куы-иу ыссыгъдис ызнаджы зынгæй, Тохы артмæ-иу уæд домбай фидар «Цæв æй» бахызтис æлхынцъæрфыгæй. Куы-иу фæфылдæр фыдгулты нымæц, Куы-иу æрцыдис «Цæв æй» ныппырхмæ, Фæлтæрд фидар-иу «Мауал æй ауадз» РТæхи уæд байста ызнæгты ныхмæ. Сырх-сырхид цирхъ-иу нырттывта дардмæ, Зæххы къори-иу æваст нынкъуыстис. «Сæмбæл ыл», «Цæв æй», «Мауал æй ауадз!» — Нæ фыдæлты хъæр уæларвмæ хъуыстис... Фидар фидарæн ныфс уыдис хæсты, Хæстон — хæстонæн, æвзонг — зæрондæн, Гуырдзиаг адæм сæ уарзон бæстæн Æнæвгъау хастой сæ сæр нывондæн. Уæ, хорз фæндаггон, фæрнæп фæцæрай, Фыдбон, фыдрæстæг кæй нал хъыг дары! Дæ фæндаг Мурыл миййаг куы дарай Æмæ куы фенай æртæ фидары, Сæ рæсугъд сурæт ныр дæр зындзæнис, Дæ цæст сыл ахæсс, ныр дæр фидауынц, Цыма дæм сабыр æрбайхъуысдзæнис: «Сæмбæл ыл», «Цæв æй», «Мауал æй ауадз»... 82
Дæ хъус-иу бадар æндон фидæрттæм; Цыма дæм сабыр æрбайхъуысдзæнис: Æнцой нæ зыдтой нæ сахъ фыдæлтæ, Æмæ æнустæм сæ ном цæрдзæнис... Дæ хъус-иу бадар ызнаджы зынгæй Нæ зæхх куыд не ’рцыд гæндон, гæныстон; «Сæмбæл ыл», «Цæв æй», «Мауал æй ауадз Уыдис æрмæстдæр зæронд Гуырдзыстон... » <4РЪ\%*>
Абашидзе Григол РАЙГУЫРÆН БÆСТÆН Уынын дæ æнæрхуысгæ ’рттывды æдзухдæр, Уырны мæ, кæй нæ ис дæ бонтæн кæрон. Мæ бæллицты уарзондæр, буцдæр, рæсугъддæр, Мæ царды сызгъæрин сырх сæнæфсирдон. Æз уарзын дæ хæхтæн сæ лæбырд, сæ тæмæн, Сæ тагъд цыд дæ хъæргæнаг уазал дæттæн. Сæ улæфт, сæ уидаг, цыты худ, æнæмæнг, Мæ уæлтæмæнадæн, мæ зарджытæн дæ! Мæнæн ды — хæрдмæдзог хур. Стæй мын куыннæ дæ Зæрдæйы рухс æмæ ыстыр ныфсдзинад? Ис бирæ дунейыл фыдрæсугъд бæстæтæ, Фæлæ мын дзы иу дæр нæ кæны дæу ад! Фæнды мæ æппæтыл дæр уарын мæ зæрдæ, Фæнды мæ уый раттын æппæт тæрфытæн. Æз уарзып зæхх иууылдæр! Фæлæ, мæ бæстæ, Æз ратдзынæн зæрдæ æрмæстдæр дæуæн! Мæ советон адæм! Хæрзсыгъдæг хъæлæсæй Дæ егъау æндиуæныл зарын — мæ хæс. Нæ адæмты цæдисыл зарын. Мæ цæстæй Уынын уым, нæ бæстæ, дæ æмæлæт æз. Æрмæстдæр æфсымæрон иу бинонтимæ, Фаг чи бахсыст й’ арты æвирхъау хæстæн, 84
Ис дидинæг калæн, цæуæн та — цытимæ Гуырдзыйæн дæр, раст æмæ ’мхуызон хойæн. Коммунæйыл зарын фæлтæртæн æдзухдæр, Нæ бæстæйыл — ног фæндаг сгарæгыл, зон, Мæ тырнындзинæдтæн уый — уарзондæр, буцдæр, Мæ царды сызгъæрин сырх сæнæфсирдон! Уадз, дуне хонæд мæн æзонд, æдылы, — Уæддæр мæ фæдзæхст сæххæст кæн, æмбал; Ингæн-иу мын бæласы бын ыскъах ды, Мæ риуыл-иу йæ дидинджытæ ’ркал. Куы дæ бафæнда басудзын мæ зæрдæ Кæцыфæнды дыргъдоны хæхты ’хсæн, Уæд алтъамийы дидинты пуцæлттæй, Сырх-сырхид зыр-зырæгтæй арт ыскæн. Æмæ æз тагъд фæздæгджын тар дарæсы, Ивераг барæгау æд цъæх нымæт, Æнæ базыртæй лилахуыз иристыл Хи исдзынæн бæлонхуыз арвмæ уæд. Æррайау сдæн дунейы дидин калдæй. Миййаг куы зæгъа цард хæрзбон мæнæн, Ингæн-иу уæд бæласы бын ыскъах ды, Æмæ-иу басудз дидинджыты мæн. Æрбадымгæ кæнæд æрмæстдæр, Æрзæй кæнæд сау хæхтæй мит, Сæн февзæрдзæн нуазæны ’гæрдæр, Цæлгæнæны ссудздзæн камин. Æвиппайды разындзæн фынг дæр, Æрцæудзысты уазджытæ дæр. 85
Хъуыраутæ — фазантау, бæлвырддæр Кæндзысты фылдæрæй-фылдæр. Сæ фæлмæн цæстæнгастæ цармæ Хи здахынц, стæй циньшсуызæй Ызгъорынц сæ бæллицтæ дардмæ, Улæфгæ сырх-сырхид сæнæй. Ызгъорынц тагъд рудзынгмæ, кæртмæ, Фæкæнынц лæгъз фæзтыл тæхгæ, — Кæм бæллы сæнæфсирдон сæрдмæ, Зæрватыччы фыны уынгæ. ÆНГУЗ БÆЛÆСТÆ Лæууыдысты æртæ æнгуз бæласы, Сæ аууæтты бын кодта кæрт йæ куыст. Чызджы худын ам бирæ уыдис хъазты, Цæссыгтæ дæр — фæсчызгæрвыст. Рæгъытæ уагътой ам кæддæр сырх сæнæй. Цыдис, нæ лæууыд рæстæг дæр æнцад, Æмæ ныр скодтой ацы ран æмвæндæй Бынат изæрмилтæ, æнкъарддзинад. Нæй се ’хсæн иу. Фæцард æнусты хъæрмæ Уый ацы ран. Æмæ ныр цал боны Дыууæ æнгузы аууæттæ æнхъæлмæ Æртыккагмæ кæсынц, — уый нал зыны. Тыхджын, ныфсджын, дыууæ æмгары хуызæн, Лæууынц хъæддых, сты райгонд се ’знонæй. Æртыккаг æнгуз лыг æрцыд æхсныфтæн, Уый атар ис йæ аууонимæ стæй. Сæ фыцы ’хсæвыгæтты хъусынц уыдон Æнгузы зæнджы зонгæ хъыс-хъысмæ. Нæ баци сиу уæвын сæ аууæты бон, | Куы ацыд æртыккаг, уæдæй нырмæ. 86
Сæ иртæстæй нырмæ сæ бонтæ барынц... Æнæтæхгæ дыууæ цæргæсау, раст, Лæууынц æууæндгæйæ, цыма æмбарынц, Кæмдæр кæй цæры ’ртыккæгæм бæлас. ДАРКВЕТАГ МÆЙ Нечто, похожее на этот лист, падвое распавшаяся едниая сущпость. Гёте Æрцу, æз нырхæндæг дæн, феххуыс мып кæн, Даркветаг æхсæв мыл æртыхсти фæлмæн; Ды та, цыма, растдæр дывæр сыфы ’рдæг дæ, Дæ иумæйаг зæнгæй фæхицæнгонд дæ. Æз дын — Модинахе, æз мард дæн, хæлд гæнах, Мæй, нæй дæм æххæссæн, æгæр дард мæм дæ. Фæнды мæ æдæрсгæ мæн агуылф кæнын Цæугæ донæй, æмæ дæ размæ фæуын! Хи аппæрстон — фембæлдтæн знаджы æфсæдтыл, йæ тырысатæ знагæн куы кодтой пæр-пæр. Æз, хъахъхъæнгæ, бамыр дæн дурын ызгъæрты, Дзыхълæуд æхсæрдзæнау куы нал хъуыст мæ хъæр. Цæмæн ды ныууагътай дæ хæхтæ? — фæрсын. Æрыздæх! Цæргæсау бæрзондæй кæсын. Цъæх дуртæ — æвдисæн ызнонбонты кадæн, Егъау дуртæ схъуына сты, схъуына, уынын, Дæрæнгонд мæсгуытыл дæр æхсæв æрбадти... Ды та дæ уæлæрвты мæ тæрныхы бын. Тырнынц дæм æдзухдæр мæ тыхст хъуыдытæ, Са^химæ дæм сидынц ыстыр къæрттытæ, Дæуимæ, зон, иугонд уыдыстæм кæддæр мах, — Æрбахиз мæ удмæ, æндæр гæнæн нæй. Æз дын — Модинахе, æз мард дæн, хæлд гæнах, Ды куы дæ даркветаг æвзонг рæсугъд мæй.
Гомиашвили Алыксандр ÆВЗОНГ ГУЫРДЗИАДЖЫ ЗАРÆГ Уарзтад мах уæлдæр кæ’ны, — Фæндыр афтæ зары махæн. Руставели Æппындæр дæм фынæй нæ цæуы, Дæ хъуыдытæ кæнынц хæццæ, Æмæ фæдзæгъæлæн цы хъæуы, — Куыд хауынц стъалытæ дæрддзæг! Ды бахудтæ — æмæ æрбабон, Гæзæмæ баризы сыфтæр; Куыддæр ныррухс вæййы дæ цæсгом, Цыдæр æрбавæййы æндæрг. Дæ зæрдыл ма лæууы Кура-дон, Йæ сæрмæ уарынасæст — арв, Дæ цæстытæ дын æз куыд уарзтон, Куы цъæх, куы тарбын цадау — арф. Нæ зыдтон, — ницыуал дæ дарын, Дæхи мæ хиздзынæ бынтон, Мæ æрвон рухс æрттивгæ стъалы, Мæ зæрдæдарæн Бонвæрнон. Руставели! Куыд нæ йæ мысон, Куыд фыстай уарзæттыл кæддæр! Фæлæ куыд æнкъард зарыд дысон Æнæ дæу булæмæргъ кæмдæр. Æрцу та Тмогвийы рæбынмæ, 88
Кæддæрау быдыртыл фæхъаз, Сырæзгæ талатæм кæсынмæ Фæуай æмæ сын зæгъ ныхас. Месхеты ралæууыди уалдзæг, Цъæх сатæг суадонæй кæсы, Фæлмæцы «уарзонады уазæг» — Нырма уал никæмæ фæзынд, Куы булæмæргъы зардæй зары, Нырризы уæлдæфы тыхсгæ, Куы та, зæй рацæуæгау, алцы Йæ разæй ахæссы нæтгæ. Æппындæр дæм фынæй нæ цæуы, Дæ хъуыдытæ кæнынц хæццæ, Æмæ фæдзæгъæлæн цы хъæуы, — Куыд хауынц стъалытæ дæрддзæг! Ды бахудтæ — æмæ æрбабон, Гæзæмæ барызти сыфтæр; Куыддæр ныррухс вæййы дæ цæсгом, Цыдæр æрбавæййы æндæрг. АРШАУЛА «Терк ызгъоры, Терк нынниуы, Къæдзæхтæ’ йын рæвдз хъыр- нынц»... Г. Орбелиани Аршийæ зæйау уырдыгмæ ’рцæуы Дуры цæнд, гыбар-гыбургæнгæ... Хур ыскаст Сæнайы хохмæ райсом, — Аууон дарынц нарæг арф кæмттæ. Абухгæ, фынккалгæ æмæ ’рттивгæ Аршаула згъоры размæ тагъд. Арф кæмтты зыланггæнгæйæ хъуысы Хъал доны сæдæхъæлæсджын зард. Урссæр хох мæстыхуызæй фæлгæсы, — Терк ын й’ айнæг фæрстæ тынг нæмы, 89
’Мæ Дайраны тар хъæбысы, ниугæ, Раст цæф сырдау, абухгæ цæуы. Карз хæсты та кæд миййаг Бетлемы Сау æфсæйнаг бафардæг, нынныхст... Аршийæн йæ дурдзæндтæ, дзæнхъатæ Алы рæтты ам пырхæй лæууынц. Уый Сæнайы стыр хохæй æрбазынд (Хæхты ’хсæн кæмдæр фæцæфи сырд) Райсомæй, æрвнæрæгау, хъæргæнгæ, У хъæхъхъаг, лæбурæгау, йæ цыд. Урссæр хох мæстыхуызæй фæлгæсы, — Терк ын й’ айнæг фæрстæ тынг нæмы, 'Мæ Дайраны тар хъæбысæй, ниугæ, Раст цæф арсау, абухгæ цæуы. Мæ уарзон хæлæрттæ, нæ сабион рæстæг, Уæд не ’взонджы бонтæ фæтахтысты дард. Æрмæст ма нæ урссæр, нæ сагхæтæн хæхтæй Æрыхъуысы стæм хатт æхсæрдзæнты зард. Æмæ уæд фæмысын мæ цахъхъæн чызджыты, Мæйрухс æхсæв се ’мдзæгъд, сæ хъазты «æрс-æрс». Цымæ ныр цы фестут, цымæ ныр кæй ысты Уæ бæллиц, уæ зарæг, — куыст, царды фæрæз?! Уæддæр та æрттивынц нæ хæхты мыдгъуызæй Сæ хъуымбыл дзыккутæ суадоны цур... Æз зонын: нæуæгæй сæ зарæг, сæ уындæй Поэтмæ æркæсдзæн æвзонгады хур.
Берулава Хута БАЙЗÆДДАГИМÆ НЫХАС КАЛАЧЫ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ Æз бадтæн уым, кæм ис ныртæккæ денджыз, Кæсаг дæр ма кæмæн тæрсы йæ арфæй, Уынын уылæн, æмæ Иоры донæн Сæны хъæзын къусæй зæгъын мæ арфæ. Мæ цæстытыл нæ рæсугъд фидæн хъазы, Æмæ мæ зарæгæй ыссардзынæн йæ ном — Сæ мидбылты, гъе, ацы хус дæлвæзы Сырх розæтæ кæмæ бахудой сом. Мæ дард хæлар! Дæ уарзонимæ иумæ Дзыхъхъынног денджызмæ куы цæуай Æмæ самгораг аллейтæн сæ сæрмæ Сæуæхсиды æрттивæнтæм куы кæсай, Пырхæнтæ калгæ урс уылæн-иу дардыл Куы ’рбанхъæвза дæ къæхты цур уæрæх, — «Кæддæр нæ поэттæ гъе ацы цардыл Куы цин кодтой, бæгуы», зæгъгæ-иу зæгъ. Фæлмæн мит сабыр, зивæггæнгæ, уарыд, Дæлæмæ хауди, тар уæлдæфы зылд, 91
йæ тъыфыл уымæн ахæм бæзджын хаста, Æмæ йыл н’ аууон-иу гæзæмæ зынд. Уæлæмæ фæндаг — тынг зынцæуæн рагъыл, 0, бафæлладтæ, м’ ахсджиаг, уынын, Фæлмæстхуызæй æрлæууыдтæ фæндагыл, Дæ улæфт уал ысуадз, хæрдмæ у зын. Ды банцадтæ ыстыр бæласыл сабыр, Мæ сонт зæрдæ дæ цæстæнгасмæ тад. Цыма дæ былтыл миты хъæпæн андзæвд, Æваст сæ асыгъта æнæуромгæ пъа. Ды фестъæлфыдтæ, базыртæ дыл базад... Кæдæм тæхыс? Фæлæуу мæм... иу ныхас... Мæнæй уый иу ран сагъдау лæугæ баззад, Колхиды хох мæм джихауæй ныккаст. Фæлмæн мит сабыр, зивæггæнгæ, уарыд... ЗАРЫН МÆ КÆНЫ Зарын мæ кæны бæрзонд мигъ, Æмæ арф комы цæугæдон, Тархъæд, къæдзæхы æндон тигь, Райдзаст къуылдымы цъæх хæдон. Зарын мæ кæнынц мæ кадджын, Номдзыд фыдæлтæ, мæ адæм, Арты фарсмæ хъуыстгонд раджы Таурæгъ, аргъау æмæ кадæг. Зарын мæ кæнынц сæ дард рухс Мæйæн, авд хойы цырæгътæн; Фæззæг — дзаг фæдджи, бæркадкъух, Уалдзæг, се ’хситтæй зард мæргътæн. Зарын мæ кæны зынгæфтыд Дзæгъ-дзæгъаджы куывд йæ сæрæй. 92
Зæххыл сæурухсы ныдзæвды Бæлæстыл пырх дон — сызгъæрин. Зарын мæ кæны мæ куыстгонд Хи хъæу, райгуырæн зæхх—адджын. Зарын мæ кæны Гуырдзыстон — Важайы цæссыгæй хайджын. РОГВАД НАУ БАЛЦМÆ ЫСЦÆТТÆ Рогвад нау балцмæ ысцæттæ, Рогвад нау зæххимæ уары... Айвæзта пæлæз йæ цæнгтæ, Урсцъар риу тыгъдадмæ дары. Денджызмæ ауадзут тагъд мæн, Тохмондаг зæрдæ æхсиды. Доны уæззау къухты цагъд мæм Стъалыты рухсимæ сиды. Акæсут, арвæн йæ кæрон Ирд мæй æнхъæлмæ куыд кæсы. Цырддæр мæ ауадзут, кæннод Адæргæй акæлдзæн цæссыг. Рогвад нау балцмæ ысцæттæ, Рогвад нау зæххимæ уары. Айвæзта пæлæз йæ цæнгтæ, йе ’дзаг риу тыгъдадмæ дары. УАЙДЗÆФ Фарон уыдис уый, мæ бон... Куы сагътай Ды уæ кæрты талатæ—нæзытæ, Уæд дæ уарзт мæ риуы тала суагъта — Йе, фæлæ йæ, ’вæццæгæн, нæ зыдтай. 93
Науæд, мæ хур, нæзытæм куы зилыс, Дон куы хæссыс уыдонæн, æххуырстау, Дардæй дæм сæ буц сæртæ куы тилынц, Райгæ сæ куы рæвдауыс дæ уырзтæй. Уæд цæмæн у уарзты тала сидзæр, Стад сагау, уый дойныйæ куы мæлы?.. 'Рымыс æй!.. Дæ ныссадзгæ у уый дæр, Уымæ дæр, хур, доны цъыртт æмбæлы!.. =<ш^
Нонешвили Иосиф ЧЫЗГ-АГРОНОМ Куыд арæхсынц, чызгай, дæ къухтæ Сырх дидинджытимæ дæуæн? Куыд фæлындыс уынгтæ æдзухдæр, Уый мæргътæ сæ зарды зæгъæнт. Дæ институт цал æмæ цалæн Йæ дæсныйад скодта лæвар! Дæ хæлæрттæн акæс-ма, уалæ, Куыя азæлы дардмæ сæ зард. I Сæ кадмæ куы нæ кæнынц хъавгæ, — Йæхæдæг æрцæуы сæм кад, Колхидæмæ, райдзаст Руставмæ, — Куы сисынц сæ хуымтæй бæркад. Куы зонынц нæ горæты алкæм Дæ кадджын фæллойæ дæу дæр. Дæуæй ысты бузныг нæ адæм, Дæу уарзы æрыгон фæлтæр. Ды хъулон дидинджыты цуры Цъæх суадоны хуызæн вæййыс. Дæ æрвхуыз сæрбæттæнæн хурмæ Цъæх-цъæхиддæр донæй — йæ хуыз. Дæ рæсугъд сæрбæттæны сæрмæ Фæленк кæнынц мигътæ бæрзонд. 95
Студенттæ фæцæуынц дæ рæзты, Йæхирдæм сæ здахы дæ конд. Профессор дæ уындæй у райдзаст, Йæ мидбыл дæм бахудт фæлмæн. Цыма та йæ рагбонау акаст Дæ сырх дидинджытæм, дæумæ. Дæ аив цъæхснаг зардмæ хъусын, Дæ хæрзаив нарæг гуырыл, Дæ цъæх-хъулон къабайы хуызыл Фæцахуыр дæн ацы къуыри. Иæ горæты алы хæдзар дæр Кæндзæни дзæбæхæй хъуыды: Куыд-иу сагътай алкæйы раз дæр Сырх-сырхид дидинджытæ ды. НОМЫССАРД Цæмæн дæм кæсын абон æз цырддзастæй? Дæ хъæндзинæдтæ зонын мæ фæнды. Куы дæ бауарзон æз, чызгай, ,мæ уарзтæй, — Фæкæсдзынæ мæм диссаг рæсугъд ды. Кæнын хъуыдытæ тынг арæх мæхицæн: Мæ зарæг риуы чи ссудзы зынгау, Куы та фæздæгау чи змæлы, йæ фидæн Куыд уыдзæн, куыд? Бæздзæн? Хъæудзæнис? Ау! Куыд цæрдзæнис, куыд бафиддзæн йæ хæстæ? Æмбал куыд ардзæн, уымæй дæ фæрсон, Куыд бауарздзæнис хъуамæ уый мæ бæстæ, Нæ баци кæд дæу басæттын йæ бон? ÆНÆНОМ ДИДИНÆГ Гуырдзыстонæн йæ цæгатаг уæлхæхтæй Суанг Хуссары уылæнты онг — цыт; кад! 96
Кæс, алы дидин уый дарæсы хъазы, Бирæ сты, нæ сæ фæуис нымад! Тынд нæ фæуис уыдон ды, дæ цæст сыл Н’ аххæссид... Чи урс, чи ирд, чи цъæх. К’уаис ды мæнæн мæ фарсмæ абон, Се ’хсæнæй дæм нал фæзынид зæхх. Атагъайыл азылдтæн, — цы федтон? Дидинтæ дæ цæстытау куы сты, Ие кæннод дæ сырх былтау, фæлæ сæм Кæс лыстæг, — нæ дæ сæ хуызæн ды. Иу æрмæстдæр морæхуызгомау уыд, Морæ нæ, сызгъæринау зынди. Ралыгчынди мæнæ Опизари, Уый дæуæн дæхи хуызæн уыди. Калдта уый æрттывдтытæ, уыгæрдæн М’ алварс иууыл уый рухсæй ныррухс. Уый буц ном мæ базонын фæндыди, О, æппæтдæр й ’алфамбылай ныхъхъус. Сабайæн — гуырдзиаг æвзаджы сихæн — Уый ном зæгъын не сси, нæ, йæ бон. Дымгæ мæн йæ уазалæй рæвдаугæ, Басабыр ис, фегомыг бынтон. Арвырон дæр уый хуызæн æрттивы, Срухс ысты мæ цæстытæ мæнæн. Хуры тынтæ хъазыдысты йемæ, Змæлыд дидин, калдта уый тæмæн. Сусæгдзинад раргом и мæ цуры, Федтон æз дыууæ цардæн сæ баст. «Лейлæ!» Æз хуымæтæджы нæ загътон, Дидинæгмæ уыд мæнæн мæ каст. ÆМБИСОНД Иухатт мæйрухс æхсæв цадмæ Саг бацыд, — фехъуыстон æз; 7 Райдзаст Гуырдзыстон 97
Цады дон банцад, ныссабыр, Й’ алыварс цадæн та — хъæз. Рамæйы федта уый й’ аууон. Кодта йæ зæнгтæй уый хъаст. Фæлæ йæ сыты къалиутæй Бабуц, сæрыстырæй каст. Нал сæм æфсæсти кæсынæй. Фæлæ дын мæнæ домбайæ фæтарст. Æмæ нæбæззон цы къæхтæ ысхуыдта, Уыдон æй аскъæфтой размæ æваст. Фервæзт сæ руаджы уый. Райсомæй раджы Араст, хъуыдыгæнгæ, размæ... Уæд дын Сыкъатыл бæласы къалиу ныссуйтæ, Саджы бон фезмæлын нал уыд æппын. О, бадар ацы æмбисонд дæ зæрдыл, — Зондæн у, рагон у, раст цыма, сæн. Æмæ куы фенай дæ цæстæй, дæ хуыз дын Тынг хорз куыд равдыста цад, йе —кæсæн, Ма баууæнд искæй козбау дзырдыл, курын, Уæд-иу æппæлдмæ лæмбынæг дæ каст, Науæд дæ асайдзæн фидыц, йæ сыкъа Саджы куыд асайдта, уый хуызæн раст. ЦЫ ДЫН ÆЙ ÆМБÆХСОН Дæ ныхыл дæ къæлæс æрфгуытæ Фæлыстæй æрттивынц æдзух, Дæ риуыл дæ хъуымбыл дзыккутæ Фæлыстæй ызмæлынц рæсугъд: Дыууæ сты дæ цæхæр цæстытæ, Дæ сырх былтæ дæр та — дыууæ. Дзæнхъайау, сæнтурсæй фæлыстгай Дæ дæндæгтæ ’рттивынц дæуæн. 98
Цы дын æй æмбæхсон... фæрсын дæ: Фæлыстгай, къæйттæй у дæ конд, Уæд ’нæкъай цæмæн у дæ зæрдæ? Мае зæрдæ йæм бафтау, мæ бон...
Качахидзе Георги ÆФСЫМÆРДЗИНАДЫ ФÆНДАГ Бæрзонд къæдзæхтыл Терк хæцы фæйнæрдæм, Цæмæй мын уа сæ астæуты фæндаг. Хъæрæй заргæ, мæ раздзæуæг лæгæрды, Иæ уазал донæй банызтон мæ фаг. Куыд диссаг у, мæ хæлар, Терчы фурд, Дæ доны ад, дæ уылæнты лæбурд! Дæ ныййарджытæй—урсхудджын цъæх хæхтæй Уæзбындзинад нæ рахастай бынтон. Фыртæлтæгæй уынгæг кæмттæ ныкъкъахтай, Ныфсау æрттивы бæлццæттæн дæ дон. Ыссардтон раджы ацы ран дæ фæрцы Ирæттимæ æмгардзинад æнгом. Гуыр-гуыр кæны ныр хæдтулгæ дæ фæрсты, Фæстейы зайы дурджын Арвыком. Ирон хъæутæ зыны уæлвæндаг цалдæр, Сæ уындмæ хур фæфылдæр кодта хъарм. Рæвдауæд хурау æмгæртты мæ зард дæр, У хи бинонтау алы хæдзар ам. Ыстыр тыгъдадмæ цæстæнгас тырны, Æмгæртты бæстæм хæдтулгæ тындзы. Цы хъуысы, Терк, цъæх къуылдымтæм дæ зарды, Цæуыл дæм худы дидинæгджын нæуу? Фыдыбæсты дон, цас ныфс дæттыс царды! I Цымæ цы скодта ахæм тыхджын дæу? 100
Сæрыстыр хæхтæн афазтай сæ астæу, Ныттæстытæ сæ чъылдымы ыстæг. Фæкалдтай дуртæ, къæдзæхтæ фæсастай, Фæхæццæ дæ цæгат-быдыр бæстæм. Уæрæсемæ хæссыс нæ зæххæй рагæй Хæлардзинад, æмгардзинады фæнд. Фыдæлты дуджы ацы стыр фæндагæн Æппæты разæй алыг кодтай фæд. Фæндагæн радтай уый фæстæ дæ иу уæхск, Цæмæй бæстæй-бæстæм ызгъора фарн, Цæмæй сыхаг уырыссæгтимæ иумæ Ыскæнæм бонджын, амондджын нæ цард. Сæ ном— бæрзонд, дæуæн тынау’ дæ фæдыл Уæрæх лæгъз фæндаг чи айгæрста дард, Æфсымæрдзииад, иудзинад кæй фæндыд, Уæлахиз уыцы адæмтæн — сæ кад. \ Ивазы дардмæ цæстæнгас тыгъдад, Фæзындис уым сæрибар цард фыццаг. Уырысы уæлдæф фиппайын сыгъдæг, ’ Æмгæртты номыл зардзынæн ныр дæр. Ис уым дæр фаг хæдзар, фысым, хæлæрттæ. Уыдзынæн уым дæр хи бæстау рæвдыд. Хæссы фыдæлтæй уарзондзинад зæрдæ, — • Уырысы цард мæ зæронд фыдыфыд. Дунейы зæрдæ уырдыгæй æрттивы, , Куыд бæллиццаг у а фæндагыл балц! Цы стыр фæндаг у! Ууылты сæ риуы Фыдæлтæ хастой иудзинады уац. Уæрæсе уыд нæ рухсдæттæг, нæ фæтæг, Цæвиттон истам не ’фсымæртæй мах. Ыскъæфы размæ базыртау мæн фæндаг, Цæгатырдæм мæ хъуыдытæн — сæ тахт. ÆМБИСБОН ХЪÆДЫ КЪОХЫ Æнуд æнтæф. Сфæлвых йæ цъæх агъуд æрдзæн. йæ уасын æрдæгыл куы фескъуыди уæрццæн, 101
Тыхулæфтгæнгæйæ, хæлиудзыхæй бады. йæ бафале таджы хуыскъ донадаг хаты. Ыслæмæгъи кæрдæг æгъатыр зынг хурты, У тулдзæн йæ аууон дзыгъуыргæндтæ, буртæ. Р1æ цонгыл карзинкæйы мидæг ис дурын, Цæстытæ нæ лæууынц йæ тыбар-тыбурмæ. Уым ноджы — цыхты къæртт, — уый халон куы зоны, Æддæуæз бæласæй йæ быцъынæг тоны. Куы нызмæлы карзинкæ халоны уындмæ, Фæнды йæ, куы ’рхауид фæлтау уый уырдыгмæ. У сихор — хæрдафон". Нæ колхозон адæм Æрбадтысты аууæтты къордгæйттæй алкæм. Куыдз балæст æвзагластæй пыхсы æддæдæр, йæ лæф-лæф куы хъуысы, ызмæлынц йæ тæнтæ. Æвиппайды фахсыл гæлæбуйау схъазыд Кæмæндæр пæр-пæрæй йæ цъæх-цъæхид сасыг, Егъаугæнгæ, зилгæ, хæстæгдæр æрбатахт, Фазаны базыртæ куы фестадм уайтагъд. Стæй бапæррæст ласта уый нартхоры хуы’ммæ, Ныккастысты адæм сæ зонгæ быдырмæ: Сæ комкоммæ згъоры æрыгон чызг хъæуæй, Нæ тæрсы ээнтæфæй* уый аууон нæ хъæуы. Æрхызти ныр карзинкæ бæласы цонгæй. Чызг фелвæста сасыг, æрбабадти рогæй. Хæринаг, бæрæчет — æппæтæй йæ цуры, Цъæх тулдзы дæлбазыр куы райдыдта дзурын. Уый газеты касти æхсызгон хабæрттæ — Фæллойы ’нтыст радтой сæ сыхаг лымæнтæ. Æнувыдæй хъусынц нæ колхозон адæм, Фæлгæсынц æхцонæй сæ хуымты хæзнатæм — Зæбулгонд æфсиртимæ рог дымгæ хъазы, Ныффысдзысты газеты иукъорд ныхасы 102
Ныр ацы хуымты тыххæй, адæмы фарныл, Раст ацы колхозонты намысыл, кадыл. Уæд цинджын зæрдæтæ нæ кæндзысты сабыр, Ысуыдзæн дзы алчи фæллойы хъæбатыр. ÆЗ ДÆР ХУЫМГÆНÆГ ДÆН Фæлдæхтой зæхх дада, мæ фыд, Сæ гутæттæ — дзывыртæ. Æз дæр хуымгæнæг дæн бæлвырд, Æрмæст æндæр быдырты. Мæ хуымтæ айтынг ысты дард: Дæлвæзтæ, хъæдтæ, хæхтæ. Мæнæн хæзнайау сты зынаргъ Мæ гутон, стæй мæ зæхх дæр. Мæ дзырдтæй ауæдзтæ кæнын, Мæ хид фæкæлы ’нæнцой. Кæд гутон тынг чысыл зыны, Уæддæр зын у мæ фæллой. Ныууадзы гæххæттыл йæ фæд Æндон пъеро — мæ гутон, Сæ амонд н’ адæмæн, сæ фæнд Цæмæй куырисгай тухон. Дзыллæтæн циндзинад дæтты, Сæ зæрдæтæ дзы райынц. йæ зарæг азæлы дæрдтыл, Р1æ мыртæ рогæй тайынц. Фæлдæхтой зæхх дада, мæ фыд, Сæ гутæттæ — дзывыртæ. Æз дæр хуымгæнæг дæн бæлвырд, Æрмæст æндæр быдырты. Нæма дæн цалынмæ зæронд, Уæдмæ мæ фæзты кусын. Цæмæй мæ зарæг уа нæртон, Æппæт дзыллæ йæм хъуса.
Мревлишвили Маквала ЧЫЗДЖЫТÆ-БАНДУРИСТКÆТÆ Рæсугъд дарæсты, дидинхудты Чызджытæн хъалхуызæй — сæ каст. Дæ хъæбысмæ сæ сис, тæхуды, Кæй ыстут, зæгъгæ, сæм ратт фарст. Куыд æртахт ардæм, куы, нæ зарæг Цицинателлæйы тыххæй? Сымах мæнæн, — мæ зæрдæдарæн, Уæ рæзт — хæрзамондæй, фæрнæй. Раст доныхъаз — уæ дæллагхъуыртæ/ Пæр-пæраг рог базырау — къух. Кæлæнгæнджытæ, уый уæхуыдтæг Цицинателлæтæ куы стут! Нæрынц бандурæтæн сæ тæнтæ... Хæйрæджджын мады хуызæн — æз, Уæ зарæг халын мæ нæ фæнды, Æндæр уын акæнин хъæбыс. Æмæ уæ ахæссин мæ къухты Нæ сæнæфсирдæттæм хъæлæкк, Цæмæй украинаг рæсугъдтæм Кæной нæ лæппутæ хæлæг. Уыд мадзура æдзух, йæ цæстыты — зындон. 104
Маст уый нæ уагъта цух, Йæ сæр дзы сурс бынтон. Цæст тар фæлмы уыны Нæ ивгъуыды мылаз: Уый кистимæ лæууы Четæн-уæфты хæд раз. У уат хæрзафтид. Рухс Кæлы æддæмæ цъус. Нывтæ фыссы нæ фыд... Мах—сабитæ—мæтаг. Кæрдзыны къæбæр уыд Нæ цинады-сæйраг. Парижы цард кæддæр, Иæ дарæстæ — бызгъуыр. Йæ сабитыл уæддæр Æнувыд уыд, мæгуыр. Хуыдта рæствæдыл мах, Бæгъæввад та — йæ къах. Цæст тар мигъы уыны Нæ ивгъуыды мылаз: Мæ фыд цыма’лæууы Нывты кæттаджы раз. Спартайнаг дæрзæг къуым, Нæ хуымæтæг цард — уым, Нæ зæрдæтæ — фæлмæн, Нæ дзырдты хахуыр нæй. Мæ фыдæй бузныг дæн Æз уыдæтты тыххæй. БЕТАНЫ СУАДОН Бетаны суадон, Ды ногæй мæ разы Æнхъæвзгæ цыхцырæг кæныс. Дæ уылæнты цавæр цин хъазы? Мæ хæлæртты фендæй Куы фæцух дæн æз... Кæм агурон уыдон? Цы рæтты, цы бæсты?
Нæ сæ хъуыды кæныс. Кæцæй! Дæхæдæг дæр згъордтай Æппæт ацы азты, Фæйнæрдæм фæцыдтæ пырхæй. Бетаны суадон, Æз се ’ппæты бæсты Нуазын дæ хæл-хæлаг дон — йæ дойны сæттынмæ дæрддаг балцты азты Кæмæн не сси ардæм æрцæуын йæ бон.
-"-гщгггггг/»»»»?»/^ Мосашвили Ило ФЫЦЦАГ ХАЛАС Ферттывта хæрдгæйау раздæр, Стæй хæлуарæг фестад уый: Сæрыл, халæндæхтæй хъазгæ, Фестад тухынмæ æлхуи. Мит куы рауары, уæддæр ма Дуне афтæ вæййы урс. — Уый дæ сæрыл чырс æрбадти, Æви мигъæй у æмбæрзт? — Уый чырс у, мæ хур, мæ уарзон, Нал атайдзæни æрмæст. Цæй, цы кæнон? Хъарм улæфтæп Чи ’ртайын кæндзæн мæ чырс? Искуы фехъуыстай ды афтæ, — Уымæй асасти мæ ныфс? Къалатийау мын мæ зæрдæ Байгом кодтай ды бынтон. 'Мбæхст æнкъарддзинадæй нуазын Æз дæ худгæ цæстæнгасы, 1 Афтæ ма зыдæй фæнуазы Саг рæсуг суадонæй дон. САГ САГÆН ХÆЛАРÆЙ ЦЪÆХ КÆРДÆГ ДÆТТЫ Саг сагæн хæларæй цъæх кæрдæг дæтты: — Æмхуызон лæвæрд, дам, у махæн уый æрдзæй. 107
Саг сагыл куы сæмбæлы нарæг рæтты — Ныййазæлы адаг сæ сыкъаты къæрццæй. Саг хъуазæн куы ссары уæлхъæдæй йæ мард, Æмбухгæ уый байдайы сусæгæй ниуын... Хевсураг йæ риуы куыд ныссадзы кард, Раст уыйау йæ сыкъа ныссадзы йæ риуы.. ЦУАНЫ Гæркъæраг фæци нæмыгдзæф — Сæмбæлд, дурау, пыхсы. Урс æврагъ Гомбормæ цадæг, Ленкгæнгæ, фæхъуызы. Дысонæхсæв уад йæ футтæй Мах æвдæрзта тары. Гъеныр та нын арты уæлхъус Ам чонгури зары. Айнæгæй зæбул кæрзытæ — Комы гом хъæлæсы. Саударæг усау ызгъалы Сау æхсæв йæ цæссыг... Æмæ арт бынтон ныртхутæг... Хидæйдзаг нымæтты Цуанæттæ æрхуыссыдысты Бæлæсты ’хсæн, хъæды. 4-
Мариджан ЦАРДЫ ЧИНЫГ Мæ царды чиныгæн йæ бирæ сыфтæ Кæрæдзи ’мхуызон мисхалæй дæр не сты — Сæ иутыл кæд зынынц мæ цæстысыгтæ, Кæд се ’ннæтæ та цинхудты бын фесты. Ыстыр хæзна — мæ райгæ бахудт царды, Уый хизы мæн хъыджы фыдæй, æлгъыстæй. Сындзыты ’хсæн æрзайы хурхуыз уарди, Ныббыхсы уый цыргъ судзинты рæхуыстæн. Мæ нывы хай нæ асайдзæн мæн абон, • Цы у мæ цыд нæ фидæны хъæбысмæ, Куы нæ сбæттон æз дзыллæтыл мæ амонд, Куы нæ уа семæ иу гаччы мæ хъысмæт? хыз Ды æрвæнгæс хыз мæ разы уæфтай сайæгой зæрдæйæ, Р1е ’ндæхтæ-иу асуйтæ сты фыртагъд-тагъдгæнгæйæ. Бафæлыстай уæфтагæн йæ цухæмæ ызгъуыд бынæттæ, Урс фиалкæйы æвзæгтæй æмæ бур цыллæйы хæлттæй. Уыцы хыз æрæхсадтай æрвроны хъулон сыгæй, Уымæй мын æрæмбæрзтай мæ цæст лæкъуын хæрвыгæй. 109
Уалынмæ æнæсгæрст суадон рахатыдтон — диссаг федтон: Уыцы минут фендæр ысты иууы’л дун-дунетæ. Рацагътай мæ монцтæ ды дзæбугæй, уыд хъæсдарæг зæрдæ. Дзæбугдзæфæй уарзты цæссыг рахауд, калдта рухс тæмæнтæ. Уыцы цæссыг атылд хызыл — уæфтаг фехæлди бынтондæр, Федтон æз æцæгдзинад, æмæ барухси мæ зонд дæр. О, фæсмон, уынаг кæй ысдæн, у мын уый зæрдæхъыг,— Афтæ карз дæр кæд гъеуымæн уыд мæ судзгæ цæссыг. СÆУМÆРАЙСОМ ДНЕПРЫ СÆРМÆ Цы диссаг райсом скодта Днепрыл, уæвгæйæ! Нæ алыварс ыссыгъд сырх дидинджытæй арт. Цыма æппæт ысныв кодта нæртон нывгæнæг — Йæ сусæг цъылын аххæст арвгæрæттæм дард. Сындæггай хъазыди уæд уылæнты фæлхъазæн, Сæ уырынг буарыл нау æнæстыфæй бырыд. Дæ хъæрæй худт, дæ цардæмхиц зыланг ныхас дын Ныхъуырдта арф доны æнæрынцой сыр-сыр. Ысзындысты, кæс, арвыл хурбоны бæрджытæ, Æхсæвы ауа&ттæ уæд фесты зæххы бын. Уый райсом нæу, фæлæ уый — ногтынд дидинджытæн Сæ ризгæ комулæфт, сæ ароматы хуын. Æхсидгæ цалхау арвыл хурыцæст ыстахти, Цыма æваст фæйнæрдæм фехæлди къæртгай, Гъестæй йæ къæлæтджыныл барджынæй ысбадти, Æркалдта ныл сызгъæрин хоры сыгæй хай. Куыд ис къуытты уæвæн гъеуыцы ныв уынгæйæ! Рæсугъд æнкъарæнтæй нæ риуты гуырыд цин. 110
Кæд уыцы хурыл мах уыдыстæм баст зæрдæйæ, Кæд н ’алы дзырды дæр тæлфыд йæ рухс зæрин. Æз ацыдтæн хъуыдыты: нæу æнцон ыссарæн Дæу хуызæн раст адæймаг, чи нæ зоны зыд, Дæу хуызæн чи сбæззид, æнæсайдæй æмгарæн, Дæу хуызæн чи уаид ныфсхаст æмæ æвзыгъд... Куы-иу фæсабыр сым цъæх быдыры уæлцъарыл, Нæ зæрдæтæ нын тавта ’хсызгон цины зынг. Кæрæдзи федтам мах дыууæ æмуд хæларæй: — Украинаг лæппу æмæ гуырдзиаг чызг!
Ш®ХБ№В№1ШЗ№3?&. Квливидзе Михаил ДЫУУÆ ДЗЫРДЫ Гуырдзиаг лæг æдзух, ныхас кæнгæйæ, Кæны уæлдай аргъ стыр дыууæ дзырдæн: «Уæлахиз у», — ысдзурдз-æн фем’бæлгæйæ, Куы кæнат хицæн — «У фæрнджын» — зæгъдзæн. Фыстæджы уа, йе къухрайсты æлхъывды Дыууæ арфæйы иумæ сты æмхæст. Æфсымæртау — дыууæ æвзаргæ дзырды, Ис уыдоны нæ уд æмæ нæ цæст. Фыдæй-фыртмæ сæ ничи ферох кодта, Нæй уыдонæн кæрæдзийæ фæцух. Дзырдтæ: Гамарджоба æмæ Мшвидоба Æмбæлынц махмæ алыран æдзух. Арвыл мигътæ — сауæй-саудæр, Дымгæ, абухгæ, хæты. Амбæхс, а, мæ зынаргъ, тагъддæр Ме ’рфгуыты дæлбазыр ды. Æз — дæ хæдзар, бахиз хъарммæ, Й’ астæу барджынæй æрлæуу. Схъарм кæндзынæн æз мæ армы, Ме ’ргъæвст цъиуы лæппын, дæу! 112
Фæстæмæ æрцыдтæ, — Мæ фыны ’уыдтон, — Цы амондджын уыдтæн! — Фырцинæй куыдтон. Фæлæ мæ мæ тилифон фехъал кодта: Дæ дæрзæг ныхас мын мæ хъустæ тыдта. Æртхъирæнгæнгæйæ, Уый домдта цыдæр, Дæ хъæр æмæ ’лгъыстæй-ысдзæгъæл мæ сæр. Æз — разы! — фынæй мæ, О, бауадз æрмæст!.. Мæ фын ма кæд фенин Кæронмæ æххæст!.. ФЫДÆХ Кæрæдзимæ хастой зæрдæйæ хæлбурцъ, Æхсыдта сæ иу уарзты тухæн — Гæдыбæлас æмæ бæзджынсыфтæр тулдз Хъæбйсхæсты кодтой хъуырдухæн. Цæугæдон сæ бынмæ гæккуырийау лæст йæ пыхцыл æвзистхуыз сæхъисы. Сæ дыууæ дæр уарзтой кæд иуы æрмæст — Лыстæгкъабаз тасаг хæрисы. Æмыджыртæй хæрис кæй уарзта фылдæр, Уый не ’взæрстой мисхал дæр уыдон. Нæ тулдз уыд æнцъылдрус, фæхалас йæ сæр... Гæдыбæлас — кондджын, æрыгон... Нæ кæстæр ысцæйласта хистæры уд, Сæ дыууæ дæр мастæй — сæ хъуыртæм. Сæ бынмæ дзыхгомæй цы дæлджинæг уыд, Фæстагмæ ныххаудысты уырдæм. 8 Райдзаст Гуырдзыстон 113
Фæтар ысты тулдз æмæ гæдыбæлас Хæххон доны зилгæ хъæбысы. Уæд хæрисæн уыцизæр къардиуы раз Къуыдипп тæгæр кодта хъæбыстæ. ÆРВГÆЛÆН Фæхъуси уад-дымгæ. Æрхъав-æрхъавгæнгæйæ дардæй Æрбайхъуысы нырма ныдæнæй арвы нæрд. Зылдысты æврæгътæ хъуынтъызæй абонсарæй, Сæ маст изæрæй сонт уардæй фæкъæртт. Æрвгæлæн фемæхсти! Нæ банцайдзæни тагъд йæ зилдух. Панелыл — йе ’мдзæгъд... ныллæууыд къæвда сах. Цыма æрвнæрынгæнæг райхæлдта тымбылкъух, Цæмæй ныккæна дуртæн уалхъусы гæрах! * * Зæрватыкк зилы тыгъд арвы быдыры. Арф комы къада- дон сабыр цæуы... Растдæр зæронд лæджы ихсыд къæпсырау Айнæгыл галуан зæбулæй лæууы. Рохгонд, хуызивд нывау, мигъы æндæрджы Тайынц нæ хæхты хырхæнгæс сæртæ. Рагон, фыдæлты дуг, — кадджын, фæлтæрдджын, Не ’взонджы мадæл, ныййарæг ды дæ! ДУРЫЛ ФЫСТ Ды — бонзонгæ, ноджы æппæтæй — фæлмасдæр; Фæлæ дæ, ныййарæг, фæхаста мæлæт, Нæ банкъардтай уымæн ды йе ’взыст, йæ тас дæр, Дæ( уд исгæ-исын дæр кодтай мæ мæт. 114
* * Рæхснæг тæгæр дæ фæрссаджы раз ис — Лæппу у уый дæр, ме ’мцахъæн лæппу. Куы мæ фены — ысцæйхауы йæ уд, Фæлæ æддæмæ не ’вдисы йæ рис. Куы бацæуын дæ рухс уатмæ, дæумæ, Куы рауайыс ды цингæнгæ мæнмæ, Уæд дыргъдоны йæ хорз æмгæртты раз Фæкæны уый йæ сау мастыл ныхас. Нæ хъæцы уый æрхъæцмæ дæр дæуыл, Æвæццæгæн дын алкæмæй тæрсы. Ныртæккæ дæр йæ къахфындзтыл лæууы Æмæ нæм тарæй иу цæстæй кæсы. Мæ фендмæ мæстæй афæлдæхы сау... Миййаг дæ уый дæр уарзы кæд мæнау? ЧЫСЫЛ БАЛЛАДÆ Æрчъицдзæн ингæны... уыдзæн æнус. Йæ фарсмæ уæд нæ разындзæн йæ ус... Уым фесхойдзæни фаст фæйнæг йæ къухæй, Хъæццулау, сау зæхх аппардзæн йæхицæй. Йæ усы агурдзæн, зæгъгæ, фæхицæн Мæнæй; фæрсдзæни удæгæсты ’дзухдæр. Кæндзæн хъуыды, бæлдзæн йæ усы уындмæ. Зæгъдзæн: Уый ацыди, æмæ æнкъардæй Фæсиддзæни, йæ зæххон ивгъуыд царды Кæй нæ бафсæсти уарзынæй, гъе уымæ. ИЗÆРЫ УАДДЫМС Куы сдзурынмæ хъавы рæудымгæ-цымыдис, Куы слæууы мæ цуры лæгау... 115
Мæ удлæууæн, саулагъз изæрæн кæм уыдис Бæлонгъуыз цæстытæ дæуау? Сызгъæрин æврæгътæ цыдарддæр цæгатмæ Ыскодтой сæ райгæ фæндаг... Фæнды кæд фæцæуын дæ номдзыд цæгатмæ Дæу, уыцы æврæгьтау, миййаг? Сæндæттæ, æфцгуытæ, æгæрон быдыртæ! — Цæмæн сæ фæхонæм нæ мад? Цæмæн сыл фæбарын мæ сусæг хъуыдыты, Дæу æмæ мæ уарзондзинад? АПРЕЛЬ Галиу чысыл чызг! Р1æ сæрæй мын акуывта: Хъулон æдгуыры, йæ дзыккутыл — бант. Раст цыма рарасти царды æрдаг куывдмæ, — Судзы йæ цæстыты уалдзæджы арт. Уайын кæдæмдæр, кæнын та ирвæзтытæ, — Ралæууыд уалдзæг — мæ цæдисæмбал. Федтон æз арвы цъæх сабийы цæстыты, — Уымæн у зæрдæ æвæджиау хъал. Митдоны стъæлфæнтæй къултæ — дзыгъуыр фæрстæ, Зымæджы уазал фынæй дуг фæци. Хур дæр та ракасти худгæ зæрин цæстæй, — Витринты æвгтæй та ракаст йæ цин. Уынгтæ та ногæй æгъуыстаг рæсугъд ысты! Дидин æфтауынц æхсынцъы, урюк. Мартъийыл дысон хæл-хæлгæнгæ худтысты Уарыны ’ртæхтæ: фæци, дам, дæ дуг! Цъиуты зард, хуры хъарм! Фырцинæй расыгæй Зилын нæ уынгты, кæм хæцын зæххыл — Раст цыма уæлдæф ныххойын мæ базыгæй — Æмæ рæумаргьау уæлæрвты тæхын. 116
Афтæ æнхъæл уыдтæн, федтон æз галиу чызг, — Уый та мыл уалдзæг хæрхæмбæлд фæци! Райхæлынц урс фынкау къуыпатæ къалиутыл, Нал цæуы зæрдæйы уалдзæджы цин!
Бараташвили Марика ÆЗ СУАДОН ДÆН Куыд уигъон нау, кæд денджыз æз нæ дæн, Æхсæрдзæны хъæлæс дæр нæй мæнæн. Æз суадон дæн!.. Цæуын сындæг, æнцад, Кæнын рæстæй мæхинымæр мæ зард. Мæ авдæн мын хæрис бæлас уызта, Æхсæвты мын уый аргьæуттæ дзырдта. Йæ уæрджытыл æз баййæфтон рæвдыд, Æхсызгон ын мæ дыбал-дыбул уыд. Æз уалдзæг тулдзыл фембæлдтæн æваст, Мæ доныл зынд йæхи сурæты хъазт. Куы фæзилон æгас бæстæйыл, куы, Хуыздæр æмбал нæ ардзынæн, бæгуы. Нæу тулдзæн, нæу, мæ циндзинад æмбæхст. Мах тулдз-талатæм базилæм дзæбæх, Фæдарын сын изæрыгон мæ дон, Тæвды та сæ уый бамбæрзы бæстон. Ыстыр хъуыддæгтæм никæддæр бæллын, Кæм хъæуын тынгдæр, уырдæм тагъд кæнын. Мæн а дунейыл тынг бирæ и мæт — Цæй, хорз, кæд мæм нæ сиды денджыз уæд! Хæлæг нæ кæнын ме ’мбалæн мæ дон — Мæ рæсуг сыгмæ ’рæппары йæ сыф, Кæны фæрнæй йæ сыфтæртæй сыф-сыф, Æз зонын, — уымæн мемæ у æнцон. Мæ фæллад дзы æз бамбæхсын изæр, Иæ цæнгты раз ныхъхъус вæййы мæ хъæр. Уæд мах тыххæй фæзары хъæд фæлмæн. 118
Фæкалынц-иу сырх дидинтæ тæмæн. Фыдуаг мæй та æмбæхст вæййы, æмбæхст. Ныкъулы нæм уый сыфтæртæй йæ цæст. Фынæй агъоммæ уарзон тулдз бæлас Кæны мæнæн рæвдаугæйæ ныхас. Хуыссынц йæ цот, йæ талатæ æнцад — Чысыл суадоны амонд æмæ цард. ЗÆРДÆЙЫ БАДОМÆГ Сæртæг дымгæ сæумæ куы радымы æваст, Æмæ уый тархъæды куыд райдайы йæ хъазт, Гъе афтæ уарзондзинад дæр зæрдæйы дуар Куы бакæны, — вæййы куы знаг, куы та хæлар... Нæ дæм кæндзæн бæрæг, хъуызгæйæ дæм æрмæст Фæзындзæнис уæдæ, — нæ дын расиддзæн хæст. Ысфæлдахы дунейы, бæстæты зæрдæ, Иæхи дын аххосджын нæ рахондзæн уæддæр. Ныпписи дыл уыдзæн, фæнды йæ сур, уæддæр,— Фæлæ йын циу дæ бон? куы разилдзæн дæ сæр. Зыланг кæндзæни дуне, дард йæ рухс кæлдзæн, Æмæ æрвгæрæттæм зæрдæйы зард нæрдзæн.
Габескирия Виктор НОГХЪÆУ Уыдис æгомыг а бæстæн йæ райсом, Изæр-иу уыд æнкъард æмæ сабыр. Ныр ацы хъæу бынтон æндæрхуыз райста, йæ алыварс — сызгъæрин хъæд тыгуыр. Æрдæгныгуылд хур аууон дард ивазы, Ивазы дардмæ бæлæстæн сæ симд. Æз зонын, уый цы бæлас у мæ разы: Сыр-сыр кæны дзыккуджын евкалипт. Уæлахизы уац радио ныззары, Ызгъоры размæ хъæлдзæгæй Рион. Р1æ тæрф уыдис кæддæр цъыфдзаст-цъымара, Ныр дзы нæ зыны цитрустæн кæрон. Æрæввахс кæнын. Фиппайы мæ зæрдæ: Уыдзæн уæ дуар ме ’рбацыдмæ гом. Кæсын сызгъæрин бæлæстæм фæйнæрдæм, Уынын æдзух дæ фидыцджын цæсгом. Дæ кæрты зонгæ дидинджытæ арын, Æрвыстай ам гыццыл чызгæй дæ цард. Æрмæст зæронд къæвдайы цад фæтары, I Дæ ныв кæм федтай айдæнау фыццаг. 120
ДЕНДЖЫЗ ИЗÆРÆЙ Уый у ныртæккæ? Йе уайы мæ цæстыл Денджызы уылæнты фароны дугъ? Хуры цалх æрвгæрон донмæ æрхæстæг, Судзы цырæгътæ æнæзынгæ къух. Разы бабадæгау, дымгæ ныхъхъуси, Доны уæлцъарыл изæрмил ныддаргъ; Уылæнтæ наупæлæз афтæ æнкъуысынц, Раст цыма банкъусы базырцæф маргъ. Райдыдта рухсдæттæг доны ныгъуылын. Алы бонау та æрцыдис рæстæг, Мигьтæ нынныуæрдой арфдæр сæ быны Рухсы фæлмæн æрттывд хуры фæстæ. МÆ ЗОНГÆ КÆРТ Фæкаст мæм, цыма та уыдтæн æз сывæллон, Куы федтон уæ хæдзар, уæ хæрзæфснайд кæрт. Уый не ’взонгдзинад у, æдзух æм фæбæллын, Зымæгон куыд фæмысы адæймаг сæрд. Писмо дæ нæ истон, нæ кодтам ныхгестæ, Æрмæст ма фæбадын нæ бæлæсты цур. Бæрзæйкъулæй уыдон дæ рудзынджы цæстæй Куы бакæсьшц арæх дæ уатмæ, мæ хур. Дал, рудзынджы фæрссаг тæмæнтæ куы калдта, Хур арвы быдырмæ æхсидгæ куы ссыд. Уыдис уый сызгъæрин рамæйау, цыма та Дæ худæндзаст цæсгом æвиппайд фæзынд. О, афтид у фæрссаг, фæлæ дзы гъеуæддæр Æз бирæ рæстæджы нæ фæисын цæст. Фæкæсы мæм, цыма æнæзонгæ чидæр Мæнырдæм ныджджих ис, мæнырдæм нымдзаст. Уæ хæдзар та — сабыр, мæ уæлæ æртыхта Изæрыгон талынг йæ фæлмæн нымæт. 121
Фæлæ мæм-иу ацафон стъалытау ’рттывтой Дæ дыууæ цъæх цгесты, — мæ мæт. Мæ зæрдыл æрлæууыд: хъæрмуст къæвда уарыд, Мæ дарæс æппæтæй дæр фестадис дон. Æрыздæхтæн скъолайæ, кæрты стыр дуарыл Æз мелæй сындæггай ныффыстон дæ ном. Уæд фехъал дæн цыма, фæлыгътæн нæ кæртæй, Къæдз-мæдз къахвæндагыл сындæггай—мæ цыд. Мæйдар æхсæв рахатт хъæд, денджызы сæрты, Мæ сæрмæ та мæргъты къуырма хъæр фæцыд.
Гачечиладзе Давид ЦЫ МА ВÆЙЙЫ УЫМÆИ РÆСУГЪДДÆР Нæма змæлынц тархъæды бурбын сыфтæртæ, Фæлурс мигъы хъæбысы кæрдæг хуыссы. Цыдæр маргъы базырты пæр-пæр ыссыд, Сабырдзинад фехæлди, райхъал сты мæргътæ. Куыд фехъуысынц æрвхуыз æйчыты къæрццытæ, Куыд райхъуысы хуры лæппын цъиуы уаст, Фæзындзæн мæм афтæ æмдзæвгæ æваст, Куыд ферттивынц мигъыл æхсидгæ æрцытæ. Тæфсæгæй рынчынау йæхимидæг риздзæн, Кæсдзæн дæм — хæххон доны атылдтай къах. Ды уыцы æмдзæвгæ кæй афыстай тагъд — Раст ног миты уазал дæ хъарм буары хиздзæн. Фæззыгон халас дæр фæзындзæн нæ сæртыл, Кæд азтæй æрмынæг мæ зæрдæйы арт, Уæд ма лæууæнт цъиутæ, дымгæтæ æнцад, — Фæстæмæ та ме ’хсидав скалæд цæхæртæ. Зынгхур та нынныгъуылд, æрвгæрон фæцæрдæг, Хъуыдыты уал иу минут аныгъуылд арв. Стæй ссудздзæни стъалыджын æхсæвы арт — Цы ма уа уæд уымæй рæсугъддæр æмдзæвгæ?! 123
ДУАР БАКÆН Уæдæ загътай ды бæстон фæстаг ныхас, Загътай алцы, — ныууадзон дæу æз? Нæ салам, нæ фыстæг... Мæ алыварс Æхсæв зæххыл æруагъта йæ уæз. Хур йæ уатæй уæлæмæ нал ысты, Æхсæв саумастæй талынгдæр у, Фæлæ дард ран, кæмдæр, дæ агъуысты Фæрссаг калы æхсидау йæ рухс. Зонын, уарзы уæддæр æхгæд-зæрдæ, Зонын, иууыл фæкæныс мæ мæт. - Хъары цæссыг æртахау азæр дæр, Фыны арæх фæтæхыс мæнмæ. Зымæг — асæст, хъуынтъыз ызмæст донау, Фæлæ тæккæ дæ рудзынджы раз Сагъдæй баззад дæрзæг цъæх хæдоны Удæн адджын бæрзонд æмгар — наз. Уый дæм уалдзæг æрвиты минæвар, Уый æз дæн — наз æвдисы мæ цард: Сæрыл халас — æрттиваг митæвæрд, Фæлæ хъары йæ уидæгтæй арт. Хæхтæн арвмæ сæ сæртæ схæццæ сты Æмæ калынц дзæнхъайау цæхæр, Фæлæ талынг къуымæлгъуыз дæлвæзты Зæрдæ мæтæй ныввæййы дзæгъæл. Цæстыл уайы бæрзонд наз хурбоны, Райсомраджы йæ цæнгты тæлфын... Ды дæ дзыккутæй хъазгæ хъуггомы Уымæн рагæй дæ ахсджиаг фын. Арвæн йе ’рдæг зæрингъуыз авæййы. Дæу куы фены, уæд базары хъæд. Цæй, цы кæнон, кæд хъæды арфæйæ (Зарæг фестын мæхæдæг дæр уæд? 124
Хатт фæскъæвда тæвд хур нæ уæлыйæ Даргъ æрбæтты цъæх арвыл сырх рон. Мæн нæ фæнды, ды уай Офелия, Мæн нæ фæнды, дæу аласа дон. Зæрдæ хъазы, туг фурдау абузы, Уæнгты хъары бæрзонд хуры тæвд. Фæлæ дымгæ цъæх назы къабузты Хатт ныккæны зæрдæбын улæфт. Уый æз вæййын, чызг, бамбар уарзоны. Уый мæ риуы ныууынæргъы уад: Дардмæ балгъуыз дæ къаба базонын, Зонын, сабийыл нал дæ нымад. Ныр дæ цæстыты хъазы Бонвæрнон. Ракæн, ракæн фыццаг уарзты зард. Æз дæ зарæг æнусмæ бавæрон, Нæу мын адджын æнæ дæу мæ цард. Дуар бакæн, зыной "дæм мидæмæ Дымгæ, сæурухс, бæрзонд наз-цъæх хил. Нæу нæ «хæрзбон» мыггагмæ, ингæнмæ, Ис сæ астæу нæ зæрдæтæн хид. Нæй, нæ загътам нырма фæстаг ныхас, Зæрдæ райхъал — саламджындæр у! ...Æхсæв — талынг, уæззау; мæ алыварс Фæрссаг калы сæуæхсидау рухс. ^ш^
Киласония Нази ÆЗ КУЫ НÆ ЦÆРИН ДУНЕЙЫЛ... Абон хъуамæ æз ныззарон Райгуырæн бæстыл, Хъуамæ номы зарæг скæнон Не стыр цъæх фæзтыл. Æз куы нæ уыдаин царды Гъе, зæгь-ма, уæд дын Чи зарид цъæх-цъæхид арвыл, Уарзондзинадыл? Чи-иу дарид балцы дæр Тымыгъмæ йæ риу? Чи уарзид рæсугъд æрдзы дæр Судзгæ уарзтæй, чи? Чи кæнид æдзухдæр заргæ, Чи кæнид фæллой, Дзыллæтæ кæмæн кæниккой Алы хатт йæ кой? Чи ныффыссид стыр кадджытæ, Фидæнмæ цæугæ? Чи кæнид йæ сонт рæдыдтыл Алы хатт кæугæ? Æз куы нæ цæрин дунейыл Гъе уæд ма мын зæгъ,
Чи уарзид Фыдыбæстæйы Хи удæй фылдæр? Тархъæды дын дидинджытæ ’ртыдтон, Шени чъериме, Баруайдзысты, уый "æнхъæл нæ уыдтæн, Шени чъериме. Тархъæдæй сæ тæрккъæвдайы хастон, Шени чъернме, Дымгæ сын сæ урс зæнгтæ ныссаста, Шенн чъериме. Сидзæртау æркъул кодтой сæ сæртæ, Шени чъернме, Афтæмæй сæ бакомæд дæ зæрдæ, Шени чъериме. Уæ уыцы сау лæппу мæнæн — Мæ цард æмæ мæ бон. Фæлæ мæм никуы схудт фæлмæн, Нæ мын загъта йæ ном. Уæ уыцы сау лæппу мæнæн — Мæ цæсты {)ухс, мæ цард, Фæлæ мын не ’ссардта уæддæр Йæ зæрдæйы бынат. * Арв фæтæргай, хæкъуырццæй кæуы, Тагъд нæ разындзæн хурæн йæ цæст, — Уый дæ сурæт мæ зæрдыл лæууы, Уый та сагъæстыл зæрдæ фæхæст. 127
Æз дæу мысын, фæкæнын æнкъард, Сау катай мын мæ зæрдæ хæры, Цæй кæд баиу уыдзæнис нæ цард? Цæй кæд уыдзæн мæ бон цæрын. У мæ сагъæс æдзухдæр дæуыл, Æз æдзухдæр дæу мысын æрмæст. Арв фæтæргай, хæкъуырццæй кæуы, Фæлæ разындзæн хурæн йæ цæст. ХУРКЪÆВДА Уый у быдыры цæссыг, — æртæх нæу, æртæх, — Уый куы згъæлы мæныл, уый куы згъæлы мæныл... Арв ныннæрыди дардæй, нызмæлыди зæхх, Уый ныр хуркъæвда азылд сæх-сæхæй дæрдтьтл. Уый у дидинты цæссыг, — куы нæ у æртæх, Уый куы згъæлы мæныл, уый куы згъæлы мæныл. Мигъ ныффынæй ис, урс мигъ, бæрзонд хæхты сæр, Ысси зæрдæ къæвдамхиц, зæхх агуры дон. О, мæ уд дын куы дæттын, зынаргъ зæхх, æз дæр, — Миййаг донхъуагæй быдыр нæ тыхсид бынтон. Кæд нæ зæхх æмæ царды уид уарзондзинад, Стæй рæсугъддæрæй хъазид нæ боны тæмæн. Уæдæ хуркъæвда ногæй ныххæлиу уæд дард, Уæдæ быдыры цæссыг иыуудайæд мæн. * * Дзырдтой мын бæлæстæ: — Фæкæнæм маст... — Æнкъардтой уыдон, цас дæм у мæ уарзт. Мæ цæстытæм мын макуы кæс: уым ис Æрмæстдæр уайдзæф, сусæг монцты рис. Æз фестдзынæн къæдзæх, йе айнæджы къæсæр, Мæ цæсгом бамбæхсдзынæн хъæзы ’хсæн. Мæхи дæр амарин, — нæ фенис, нæ, уæддæр • Мæ куыд, кæнæ мæ цæстысыг мæнæн. 128
Бобохидзе Кале НАМЫС ПАРТИЙÆН Дæу рафæлдыста тохы мидæг Ленин, Дæ ирд рухс уайтагъд апырхи бæстыл. Ды адæмтæн — сæ хурты-хур, сæ гений,- Нæ номдзыд парти, хъуыстгонд дæ дæрдтыл! Дæ алыварс æртымбыл милуантæ, Ды уыдонæн — сæ раздзæуæг, сæ зонд. Сырх тырыса, — цæхæрсыгъдæй зын ранты, Нæ адæм систой ног бæстыл бæрзонд. Дæ амындтæ нын ирд кæнынц нæ развæд, — Уæлахиз семæ — алы ран, кæм уой, Дæ Устав нæм æдзухæй сиды размæ , Нæ цардамонд, зæгъы бæлвырд, — фæллой! Нæ дзыллæты хæлардзинад мыггагмæ Ныффидар кодтай хорз æмæ фæрнæй, Дæ алы съезд дæр ног дуджы фæндагмæ Хæссы егъау ныфс, ног хæстæ сæрæй. Æмæ йæ рæнхъытæм æвзонг фæлтæры исгæ, Куыд-иу уыди тыхджын тохы кæддæр, Ныр, арæзтадæй арæзтадмæ хизгæ, Фæскомцæдис æдзух кæны лæгдæр. Фæллойгæнджытæн де стыр номы цард и, Æфты сыл, адæмтыл, — кæнынц æнгом, хæлар. 9 Райдзаст Гуырдзнстон 129
Æгас нын цу, нæ хурты-хур, нæ парти, Сабырдзинады ныфс æмæ æхсар! НИКУЫ ДЫЛ СИВДЗЫНÆН МÆ ЗÆРДÆ Кодтай æнæмæт цард, ма кæ æрхæндæг, Никуы дыл сивдзынæн, никуы, мæ зæрдæ. Афтæ дæм касти, ’мæ царды гуылфæнтæ Дардмæ фæхæсдзысты м’ ахсджиаг сæнттæ. Ме стыр уарзонадыл халас æрбаддзæн, Иу зæрдæ иннæмæ ’мхиц нал æруадздзæн? Нæ, мæ хур, чи фæнды: халон, хъæрццыгъа Йе ’взæр бырынкъæй мæ тагъд сæфт куы зæгъа,— Царды цыбыр мын нæ зонын æнхъæл дæ? — Никуы ’дыл сивдзынæн, никуы, мæ зæрдæ. Де ’нгас фæсурдзæн мæ сагъæстæ райгæ, Уарзонад диссаг у, не ’рцæуы сайдæй. Уарзонад, уарзонад, царды æгæр дæ! Никуы дыл сивдзынæн, никуы, мæ зæрдæ.
Яшвили Паоло СÆУМÆРАЙСОМ Æрбахызт бон, рæсугъд хъуыдыйау, дардæй. Æнцойад хусгонд змисыл: хи æмбæрц Куы раппæрстаин дымгæйы мæ армæй, Уæд фехъуыстаид уымæн дæр йæ къæрцц. Æрыхъал дон. Ныр бабызтæ фæд-фæдыл, Гæххæттын наутау, доны ленк кæнынц. Ызмæлынц, пакъуыйау, хæрйсты сæртæ, Ам мæргътæ нæй, — æнхъæлмæ сæм кæсынц. Сæ хъæлæс цъусгай райхъуыст æмæ зæлы. Хъус, нæууыл хъæды зарджытæ кæнынц. Дæрддзæф цъыбар-цъыбур фæкæнынц, фæлæ Сæ хъæр, сæ ахстæй бабызты хынцынц. Æнцад лæууынц ныр мæсчъытæ ’мæ хæхтæ, Кæс-ма, цæгатаг фатхъæдтау рæхцынц. Бæзджын уæлдæф у йемыдзаг æртæхтæй, Æмæ та доныл бафтыд, уæдæ цы. Фæлæ мæнæн æгæрон цин кæд вæййы? — Хуымгæнджытæ куы ’рцæуынц фæзмæ, уæд. Æмгуыстон хуымы, каубыдау, фæзайы Сæ фæстæ ауæдзты рæнхъытæй фæд. 131
ДЫРГЪДОНЫ ЦАУ Фыссын дæм зæрдиагæй æрцæудзæн, ды та Фæцæудзынæ боныхъæд уынæг фæлмæстæй. Фæлладæй дыл дуармæ ныккалдзæн къæвда — Пырындз — цыма голлагæй, ихау — гæр-гæрæй... Уыд сабыр, изæрæй сым нал хъуыст æппын: Зæвæтты фæд змисыл — сывæллæтты къæхтæй. Цæйдæр стыф: сырддонцъиуæн атар йæ фын, Каштанæй æркалдта -къæвдайы æртæхтæ. Куы ныххизай уыцы дыргъдонмæ изæр, Æвзалыйы дзæкъул, йе рагъхъæдтæм бакæс. Нывæфтыдау свæййынц хъæды цъар, сыфтæр: Æвæццæгæн ардæм хур ноджыдæр бакаст. Дæ удæн фæсизæр уæд нал уыдзæн зын, — Дыргъдоны цау уаты дæ зæрдыл куы ’рæфта. Мæй тъахтиныл гом дуарæй цикъæйау зынд; Дымгæйау — фæндæтты фыццаг быд æндæхтæ. НОГДЗИНАД Ныфсдæттæг хъуыды ногæй ссардта мæн, Йæ ис-бæркад сæры магъзы нæ цæуы. Ныхасгæнгæ нымдзаст дæн æз дæумæ, — Аккаг, хуымæтæг дзырдтæ ссарын хъæуы... Сывæллонæй цы митæ кодтон æз, Æппæт, цæй тыххæй дæттын дзуапп ныртæккæ, Гъе ууыл, хохы хураууонау, кæс, Æрбаддзæн фæлм, ды та цæрыс ныфсдæтгæ. Миййаг мын хай æнцойадæй дæр нæй? — Фæкæс мæм уæд мæ дызæрдыджы бонты. Æвзист пуцал æмæ халасдзагъд сæрæй — Уе ’ргомдзинад, зæрдæйы ног тæмæнтæ. Ехх, ыстдæс æмæ ыссæдзæм аз фæци, - * Цыма нывгæнæг бауарзгæ хуызимæ ! 132
Фæндонæй цард, — нæ кадджын бонты цин Æмбисаг махæн алкæддæр нывимæ. Ды ма тæрс дам-думтæй. Æнцой — фыддæр: Хъуызгæ куы цæуы хъæууынгтæй гæдыйау, — Æфтауы тас, вæййы хæсты уынæр, Кæнæ хæтæлы ’ндæгъд нæмыджы здыйау.
е^Ъ\\\\\\Ъ^^^ Челидзе Отар АУЫНДЗГÆ ХИД Хид болат бæндæнтыл бацыд Хъал дон Рионы сæрты. Имереты æмæ Рацъы Уый кæрæдзийыл бæтты. Æмæ хъал донæн йæ сæрмæ Уый хæстон лæгау лæууы. Ууыл райсомæй изæрмæ Цард зæрдæрайæ цæуы. Ам-иу сау лæппутæ—рацъаг Заргæ рауагътой хъæдтæ. Ам мæ саби-бонты, раджы, Надтон æз мæхи кæддæр... Цæстыл уайы: дард къуылдымæй Донмæ цъиусурау тæхыс Æмæ Рионы чъылдыммæ Фехсыс барæгау дæхи. Донæй фесхъиуыс хъандзалау, Уайыс уылæнты бынты, Цыма саубоны адзалæй Байстай донычызджы ды!.. Ныр нæ донбылмæ куы ’рцæуын, Уæд кæйдæр хъæлæс фæрсы: 134
Кæд Рионимæ быцæуæй, Лæппу, райдыдтай тæрсын? Къухтæ — размæ! Ма тæрс донæй! Кæд лæппу дæ, кæд уæндыс, — Æмæ сахъ хуыснæг Рионæй Байс дæ саби-бонтæ ды! Хур нынныгъуылди мæ сæрмæ, Хæхтæ джихауæй лæууынц. Хидыл райсомæй изæрмæ Цард зæрдæрайæ цæуы. ÆРМÆСТ ДЫ ДÆ АХÆМ Æрæгмæ бамбæрстон æз дæу, — Ды мын зæххон рæсугъд кæй дæ. Мæнæн цæстджын куырмы цæстæй Мæ каст дæ рустæм уыд зыдæй. Фæстагмæ бамбæрстон мæхи: Мæнмæ дæ зæрдæйы цы и. Сæрыстыр, уазал дæ бынтон, Куыддæриддæр уа цъити дон. Цы салам райсын æз дæуæй, Зæрдæ ’мæ уарзонад уым нæй. О, уыцы ихы къæртт мæнæн Мыдæй у адджындæр, цæмæн? Айдагъ рæсугъддзинад цæмæн Зындгонд æрæгмæ сси мæнæн? ПИСМО ÆВЗОНГ ФÆСИВÆДМÆ Ам дæхи у алцыппæт дæр, Горæт, дон æмæ æфцæг,
Калачы рæсугъд æхсæв дæр, Æмæ уарзоны фыстæг. Гъемæ дын лæварæн «Мцхета», «Марабдæ» ’мæ «Вардзи», къуым, Уым нæм равзæрынц поэттæ, Райдайы сæ фæндаг уым. Дардмæ батахтæ ды, дардмæ, О, рæсугъд мæргъты хуыздæр, Сидты рæнхъытæ та бакæс: Цард дæу у, дæу дæн æз дæр! Зæрæдтæ дзурынц, цыма æз фæзонын Дидинтæн се ’стырдæр сусæг цы у. Уыцы ныхæстæ рæдыддзинад хонын, Фæлæ ма бафæлвар, ма сæ райс, цу! Мæнæ «фиалкæ» — фыццагдæр мæ дзыхæй Уыцы дзырд схаудта гыццылæй мæнæн. Адæм куыд тæрсынц æвæдза «уæлдыхæй», Раст цыма уымæй у царды гæнæн. Уæвгæ, цыдæр сусæг базыдтон, ног уаг — Диссаг «æрвон тых» фæцагайдта мæн: Раст мæм, гæлæбуйау, иу ран дзæгъ-дзæгъаг Дардæй йæ сырх сыфтæй бахудт фæлмæн. Дидины улæфт куы ’рбамбæлы зæрдыл, Раст цыма нозтæй фæвæййын æз «цæф», Кусæг мыдыбындзау, цин кæнын сæрдыл, Адджын у зæрдæйæн дидины тæф. Ницы хъуыддагмæ фæкæсын мæнг цæстæй, Сусæг цыдæртæм æмхиц æз нæ дæн, Дардмæ куы лидзын æнæууæнк ныхæстæй, 'Лвасы йæхимæ æргом зæрдæ мæн. 136
Уагъылы—уый хуызæн рауад мæхи цард, Уымæ дæр сындзытæй бавналæн нæй. Кæд æз мæхæдæг буарæй дæн тынг тар, — Сау дæн зæрдæйæ дæр? Уый зæгъæн нæй! це
Джангулашвили Теймураз РАГФÆДЗÆХСТ О, саурæсугъд, мæ зæрдæ мын ды ахастай? Уадз, баззайæд дæумæ бынтондæр. Сæнттау ды майы ’хсæв цæрыс мæ сагъæсты, Дæуыл вæййы мæ катай бон дæр. Мæ зæрдæ мын ды аскъæфтай?—Уæд афтæ дæр!.. Йæ гуыпп-гуыпп дæм æнæсцух хъуысæд... Фæлæ фæйлауы, зон, йæ хуылфы арт-цæхæр, Дæхи дзы хъахъхъæн — ма дæ ссудзæд! СЫВÆЛЛОНЫ ДЗАБЫРТÆ Æрыгон чызг «дзабыртæ рахæссут» — загъта, Йæхæдæг фæсырхи, æфсæрмыгæнгæ, Цыма раст йæ буарыл æмбæрзæн æруагъта, Фæлæ йæ æмбæрзын нæ хъуыди бæргæ. —Чысылдæрты рахæссут... дыккаг фæлыст дæр, — Нæ рæсугъд та ногæй ысдзырдта зынæй... Цыппар къаннæг дзабырыл дауы йæ уырзтæ, Стæй бахудт: «нырма мын сывæллон куы нæй». Æвддæс азы размæ йæ къæхтæй йæхæдæг Куы раппæрста ахæм галатæ бынтон. I Йæ цæсгомыл мæнæ чысылгай фæбæрæг — Йæ зæрдæ æвзары сæ уындæй æхцон. 138
Иæ риумæ уый дзабырты сабыр нылхъивы, Йæ къабайы тæнтæ дымгæйæ тæлфынц. Цытджын мады фæндаг йæ разæй æрттивы, Цæуы йыл, хæсгæйæ йæ хуылфы йæ гуырдз. ДОХТЫР Санатори... Улæфын дзы æз, Дæн цыма уым хицонты æхсæн... Удæнцой у низсафæн фæрæз. Дохтыр-чызг — рæвдауæджы хуызæн. Фæлæ, о, цы йæ ’мбæхсон—йæ уынд Æмæ. денджызон хур судзынц риу зынгау. Алы низтæн хос-иу а дохтырмæ уыд; Не ’ссарид мæ зæрдæйæн хос, ау? Сауцæст чызг йæ урс халаты у Мапюлийы урс дидинæнгæс. Рхх, цы зынаргъ у мæнæн йæ сау дзыкку, Фа^лæ йын цыма хъуымыздзыхау дæн æз. Сдзурынмæ куыд байгом кæнын дзых, Уый фæраздæр кæны, худгæ, хи мæнæй: — Не ’гъдæуттæ нын мауал хал æдзух, Зон, фынæйгæнæн сахаты дзурæн нæй. Загъд кæнын — уæлдай мæ сæрæн низ... Хъуыды сæры ферттывта зынгау: Уагæвæрд фынулæфтæн кæд ис , Уæд цæмæн халынц зæрдæйы ’гъдау. У МА РАДЖЫ Цин кæнын сабийау абон дæ цуры, Сæрыл кæд халас фæзынди, уæддæр. Айхъус-ма, мах уарзтыл ауды фурды Уайаг уылæнты саламджын сæр-сæр. 139
Баизæр... — Цон æз, у афон цæуынæн... Фæлæ мæ не суагъта дзурын да? тыхст: — Багъæц уал... афон нæма ’рцыди уымæн, •Хурзæрин фурдмæ кæд найынмæ ’рхызт. Рухс изæр зары нæ уарзтады рухсæн, Мæй та — æфсæрмдзастæй æврæгъты бын. Абон мæ сæрæн куыд раджы у сурсæн, Уыйау мын раджы — дæ цурæй цæуын. ЦЫ ТАВТА МÆН Зæххыл хуыссын, æмæ Миты тъыфылтæ Бамбæрзтой урс-урсид хызæй мæ риу. Нæу уый хъыгдзинад... уый — цинады нывтæ Дардæй, æхсидау, куы кæнынц хæлиу. Уазал мит... Бирæ рæстæг ма ис бонмæ. Фугонд цырагъау мæй арвыл фæтар... Мæн ныр цы тавы, хуысгæйæ уæлгоммæ, Ихсыд цинел æви фидæны фарн? ПАНДУРИ Нал зыны, кæмдæр нынныгъуылд сау рындз... Урс гæлæбутау у митты зилгæ тахт... Митхъæпæнтимæ, кæс, хуры тынтæ хъазынц. Риуы — цин... Æрбайхъуысы пандуры цагъд... Нæу мæ бон мæхи æмбæхсын, нæ, дæ цæсты тарæй, Джихæй аззайын, куы ’рбауайыс мæ цурты тагъд. Сурс дæ дзыкку — уый кæд мит дæ сæрыл уары... Айхъус-ма, æрбайхъуысы пандуры цагъд. Ды — сырх мачы худтау дидиндоны къуымы... Арвæй миты калд — æвзист рыджы æрцагъд. 140
Де ’ппæт хорз фæндонтæ сæххæст уæнт, — фæнды мæ... Ногæй та æрбайхъуысы пандуры цагъд... Нæй нæ зæрдæты хæзнатæн скуынæг уæвæн царды, Амонды фæндагыл уардиты уæфтаг æруагъд... Митæртхутджытæ кæд ныр кæнынц дæ былтæн пъатæ, Циу уæд м’ азым та?.. Æрбайхъуысы пандуры цагъд.
штвштшшт Маргиани Реваз КЪАДА-ДОН Къада-донмæ уайсурæй лыгътæн, Хуры разæй, згъоргæйæ, фæдæн. Цъæх кæрдæгыл уæд мæхи æруагътон. Ахæм къада ма æндæр кæм и? Хъуамæ йыл фæдæлгом кæнон хи, Æмæ нуазон хъуамæ уазал суадон. Ацы донæй нуазын ныр мæ фаг. Хæхтæй ардæм — нарæг къахвæндаг. Чызджытæ æруайынц, худгæ, уæртæ. Хъулон гарузтæ — сæ сæртыл баст. Цæстыты — зынджы къæрттыты хъазт. Се ’уæхсчытыл — дурын донхæссæнтæ. Иуы дзы æз базыдтон... уæдмæ Уый æрхызти фæндагыл бынмæ. Диссаг уыд йæ бакастæй, йæ уындæй. Цæстытæ æхсæвау — сатæгсау. Дзыккутæ — сынтыбазырау сау, Фæсонтыл куы узæлынц пырхытæй. Дон — цъæх цъити, урс миты цæссыг, Байдзаг дзы кодта йæ дурын чызг, Стæй ныккасти къада-донмæ райгæ. Диссаджы рæсугъд айдæн, нæртон — Уым дыууæ зæрин хуры уыдтон, Спæр-пæр кодтой, цъæх тыгъды хи найгæ. 142
Схуды хохаг сауæрфыг рæсугъд. ’Доны айдæн ахсы уыцы худт... Доны хъазынц алы тæмæн хуызтæ. Æмæ мæм сыгъдæг доны бынæй Ферттывтой дыууæ хуры зынгæй, Кодтой мын хæрзбон, зæгъгæ, хъæбыстæ. Доны ирд кæсæнæй мæм æваст Бахудти сæумæраджы мæ уарзт — Уый мын, о, æнусон тых дæтдзæни. Ацы рухс сыр-сырæг доныл тагъд Зарæг скæндзынæн, — йæ таг Цæсты раз æппынæдзух лæудзæни. АВДÆНЫ ЗАРÆГ Афынæй кæ, о мæ цин, мæ дарæг, Арвæй дын æрхæсдзынæн æз харæ, Æмæ дын сфæлынддзынæн дæ дарæс. Далила, олила, алоло кæ! Чыргъæдтæ дæр байдзаг ысты мыдæй, Бындзытæ ыстахтысты дзыгуырæй. Ризы уæлдæф базырты дыв-дывæй. Далила, олила, алоло кæ! Ратæхынц ыстъалытæ цæхæртау 'Рттивгæ муртæй, ирд лыстæг цæппæртау, Тулынц дыргъдонмæ чысыл цæлхытау. Далила, олила, алоло кæ! Хуысс, мæ гаги, цух дæ алы мæтæй. Бындзытæ æрыздæхтысты хъæдæй Æмæ дьш æрбахастой сæ мыдæй. Далила, олила, алоло кæ! Не стыр бæстæ, уадз, æмгуыппæй куса, Де сулæфтмæ дæр дын хъуамæ хъуса, — Ды куыд æрфынæй дæ, уымæ ’ркæса. Далила, олила, алоло кæ!
Ахуысс-ма, дæуæн цæгъдын фæндырæй. Амбæхст сычъи арвы ’васт гуыр-гуырæй. Саумигъ та Ушбайы хохыл бады Уад-дымгæ æрбадымынмæ хъавы. Далила, олила, алоло кæ! О, мæ хур, куы мын тыхсыс цæмæйдæр, Æви-та дæ афсадæм æхсырæй? Баталынг и, аныгуылди мæй дæр. Бафынæй кæ, бафсæд мын хуыссынæй. Далила, олила, алоло кæ! МАДЫ ЦÆСТЫТÆ Мæ мады цæстытæ нæ ферох кæндзынæн, — Сæ къуырфытæй, ахстæттау, уыдон мæнмæ Фæкæсынц æдзухдæр хæларæй, æдзынæг, Цырагъдар ыстъалытау калынц тæмæн. Æз фенкъарын хатгай сæ уайдзæф; мæстыйæ Мæхимæ æркæоын, фæзæгъын: цы уа? Сыгъдæг æмæ раст ысты, уарзон бæстæйау, Куыд базонынц уыдон мæ зæрдæйы уаг. Уыдыстут æнцойхуыз сæумæйы цъæх арвау, Рæсугъддæр ’мæ ирддæр сымахæй нæ уыд. Ныннæрыди тохы хъæр, — карз масты артæй Тæнæг хæрв сымахыл уæд уайтагъд фæзынд. О, мады цæстытæ! Æрхæндæг, æнкъардæй Хæсты бонты цас зынтæ баййæфтат, цас! Уæззау тох уæ гагуыты арыдта артау, Æхсадтат цæссыгтæй уæ рухс цæстæнгас. Хъæлдзæгдзинад, амонд, стæй хъизæмар, сагъæс Нæ царды айдæнау сымахыл зынди. Куыд диссаджы арф ыстут, денджызау, бакæс, Уæ къуырфыты цавæр хъуыдыты зынг и?! Ныййарæджы цæстыты алкæддæр артау Нæ царды æппæт ныв дæр сагъæстæй сыгъд. 144
Фæндараст-иу кодтой хæцынмæ салдаты, Ныр с’ алыварс арфдæр æнцъылдтæ фæзынд. Уæлахизы райсом цæхæртæ куы скалдта, Мæ мады цæстытæм кæсгæйæ уæд æз Ард бахордтон а зæххыл, уарзон æмбæлттæ, Кæй нæ уал ыссудздзæни тугкалæн хæст. Мад фидар æууæнды йæ фырты ныхасыл, Йæ цæстытæ фидар æууæндынц мæныл, Уый судзы фыдгулы йæ цæхæр æнгасæй, Хæст æидзарын абон нæ уадзы зæххыл. Æлгъыстаг сæ сæртæ хæсткъахæг лæгсырдтæн, Нæ рæзгæ сабиты сæрылхаст фæуæнт. ...Æдзухдæр сты мемæ мæ мады цæстытæ, Уæддæр сæм кæсынæй æз не ’фсæдын, нæ! Æз дис дæр нæ кæнын, нæуæг та кæй калынц Цыфыддæр ызнагыл сæ масты цæхæр. Мæ мады цæстытæ — мæ цырагъдар стъалы, Мæ мады цæстытæ — мæ рухс фæндты сæр. 10 Райдзаст Гуырдзыстон
Шенгелиа Алеко МÆ ФÆНДАГ ДАРГЪ У Даргъ фæндагыл æз дæу сагъæстæй мæ сæрæн нал дæн. Цал æхсæвы арвыстон æнæхуыссæг, тыхстæй. Ме ’нкъарæнтæн, стæй мæ бæллицтæн н’ арын узæн авдæн, У æппæт дæ зæрдæйы æхгæд, æмæ дæгъæл дæр нæй. Катай æмæ мæт мæн бадомдтой мæ дард цæуæнты, Гъе уæддæр зæгъын: фæдаргъдæр у мæ уадвæйлыд фæндаг! Цæлхыты æмдзæгъд нæрæд! фылдæр тас мæ куы фæнды!.. Згъоры мæй дæр мемæ, райдзæгъды бынмæ йæ рухс зæлдаг- У мæ балц мæнæн æхцойнаг, уайын, уайын дарддæр. Быдыры фæстæрдæм лидзынц хъæды къохтæ цырд. Дымгæ аскъæфы фæздæджы тынд пъæстытæ дардмæ, Дымгæ ’ййафы мæн, ысфæйлауы мæ сæрыхъуынты пырд. Курын æз, мæ даргъ фæндаг, о, ма сæвдис дæ кæрон. 146
Курын, лидз мæ разæй раст адзалы бонмæ ды. Уый нæ кæрæдзимæ мах куы нал уадза æмгæрон, Арф нывæрдзæн мæн уæддæр дæ зæрдæйы, дæ рухс сæнттьь Ногæй та дæу тыххæй, ногæй та дæ мысын, Уаих уон, дæуæй мæ дард нæ ахæсдзæн мæ къах. Цæй, хæрзбон уал! — дзурын, ацы рæнхъ куы фыссын, — Стыр фæндаг та ног мæ разæй айтынги, ныддаргъ. БОНИВАИÆН Райхъал у, цæй фест-ма, фенай уæртæ: Схъыс-хъыс кодтой арвæхсиды дуæрттæ. Бонивайæнæн йæ урс бæхты рæгъау Арæдывта тагъд ызгъордæй тарæхсæвы сау. / Къæрццдзæфхадæй систой урс æвсургътæ Арвы къуьшы, стъалыты сæрмæ, сæ дугътæ. Рудзынгыл цырагъы рухс фæхуыссы, Хуры скастыл уасæджы уаст хъуысы. Хуры скасты ссыгъдис хохы тигъ. Айсæфт дысоны фæлмæвæрд мигъ. Урс æфсургътæ сауты былæй скъуырынц, — Саутæ хъентæ-ментæй арф комы ныгъуылынц. ЦÆЙ ТЫХХÆЙ УАРЗЫН ЧЫСЫЛ ДОНЫ Байдыдта та зæхх сæлын, Баруад уыгæрдæн... Тагьд бон, тагъд бон быдыртыл Мит æмбæрзт уыдзæн. Гъе æрмæст ма хъæзбын тагьд Згъоры чысыл дон. 147
Уый хъæлæба æмæ загъд Удæн сты æнцон. Цинæй зары, нæй мæты, Абухгæ бырсы, Чысыл урсбарц уылæнты Къордгæйттæй хæссы. Къаннæг дон! Кæныс фæдис, Загъд-замана, хъæр. Раст дæу æрмæкъдзинад ис Ме ’мдзæвгæты дæр! ФУРДЫ БЫЛ Дæу фæмысын алкæд мæ бæллиццаг сæнтты, Куы сбадын ам иунæгæй фурды был, уæд. Нæ зонын, кæд бафхæрдтон урсбарц уылæнты, — Цæмæн дын фæхастой дæ къахдзæфты фæд? Дæ фендмæ цæй тынг бæллын ацы изæры!' Кæд зонын, мæнæй ды дæрддзæф дæ кæмдæр, Зæрдæ мын кæд денджыз дæр ницы æвæры, Æнхъæлмæ дæм ногæй кæсдзынæн уæддæр... Фæнды дæ? — уæд донбыл æнусмæ цæрдзынæн, Кæм ысты цæхъалтæ галуантау бæрзонд. Æрбаздæх фæстæмæ — æнхъæлмæ кæсдзынæн, Æнхъæлмæ кæсдзынæн фæстаг боны онг... 0 Суасыд чайкæ цъæх арвæй... Мæ хæд сæрты тæккæ Сыффытгæнгæ атахт æмæ та фæтар. Миййаг кæд уый зоны, кæм дæ ды ныртæккæ? Миййаг кæд дæу тыххæй æрхаста хабар?
Лебанидзе Мурман МЫСИНАГ Æз фынæй дæн, хъал дæн, — Ницы йын æмбарын. Скъолайы дзæнгæрæг Бацыди йæ барты: Базмæлыди уайтагъд Райдзаст къæлидоры, Разæгъы цыдæртæ, здыхсы, хи ныххойы... Иу хъæбул ныййардтай, Фæлæ бирæ фырттæ Схъомыл кодтай царды Тухи-хъизæмæрттæй... Сау къаба-иу дардтай... Алы хатт нæ цуры, Палавандишвили, Мгх уынæм дæ сурæт. Мысын æз: скъола... Чингуытæ фæлдахæм... Никитины «Райсом» Амыдтай ды махæн. Раттын не ’ппæт тыхтæ Банымадтам хæсыл Иу «Æнæкарст тагæн», Ненилæйы къæсæн. 149
Чи зоны, нæ зынаргъ, Ррх дæуæй нæма дæн. Æстæм кълас æрымыс, Рудзынджы цур — бадæн. Уырдыгæй йæ къухтæ — Даргъ, куыстуарзаг къухтæ — Мурман Лебанидзе Сдардта-иу æдзухдæр. Æз фынæй дæн, хъал дæн? — Ницы йын æмбарын. Скъолайы дзæнгæрæг Суагъта ныр йæ бартæ. Не ’ппæт кълас ныккуыдта, Дымгæ мигъты суры: Уый — «Зымæгон фæндаг» Йе стыр маст æрдзуры. Уый мæлæтдзаг дæнг у... Пушкин дзы фæмарди... Уымæн йе стыр зæрдæ Дзоныгъ ласта дардмæ... Диссаг уыд нæ фæллой, Ивгъуыдтой ныл азтæ. Сывæллæттыл — махыл — Базыртæ уæд базад... Ды мах сахуыр кодтай Намысджын хъуыддагыл — Ды мах сахуыр кодтай Стыр Уырысы ’взагыл. Ног чысыл сывæллæттæ Ахуыр кæнынц демæ, Гом кæныс сын дуæрттæ — Атæхой дунемæ. Сау къаба-иу дардтай... Алы хатт нæ цуры, Палавандишвили, Мах уынæм дæ сурæт... :
Сау дарыс дæ фыртыл, Не ’ппæт дæр æй зонæм, Абонæй фæстæмæ Дæу нæ буц мад хонæм. Фырт фæмарди хæсты... Бакодтай дæ хъуырыл Урс æфцæггот мах тыххæй — Ног фырттæн — дæ фырттæн. Зонæм, мах нæ рох кæны Уарзон мады зæрдæ... Иуы нæ Самгорийы Судзы хур йæ тæвдæй, Аразæгæй иннæ Руставийы кусы, Дохтыр у æртыккаг, , Ахуыргонд у, — хъусæм. Алыран дæр махæн, Зыланггæнгæ, æдзухдæр здыхсы,- Хи ныххойы Скъолайы дзæнгæрæг. Скъола нын фæндæгтæ Бацамыдта дардмæ. Рухс сурæт — дæ сурæт — Стыр ныфс у нæ царды.
Манавариани Мухран ÆНÆЗÆЛ СИДТ Уынын, цыма зирзурæг цъæх фæлмы, Хохыл суайгæйæ, лæгъз ран Гыццыл лæппу йæ рæуæд хизы. Хъæр æм кæнын: Мухран! Мухран! Цæуы, нæ мын хъусы мæ хъæр дæр, Йæ уæхскыл ехс тыхстæй уынын, Фæлæ æз, рагбонтæй æрцæуæг, Мухран! — зæгьгæ та хъæр кæнын. Сæумæрайсом ныццарыдта хъæрæй. Æртæхы мæнæ уый æбæрæг сидтмæ. Ызгъоры рæвдз, куы та зынæй. Йæ мидбылты къæйныхæй худы, Йæ хидæй счъиллон и йæ ных. Ныр, сабиау, йæ къах нæ цуды. йæ тæссонд буар кæны хъæддых. Уый къутæрты æхсæн фæлæсы, Уырынгтæ доны найы хи. Æмæ стæм халæй фæхæцыд Йæ фындзы бын æнæуд хил. Ызгъоры... Мит тъыфылæй уары. Ызгъоры... Сах-къæвда нызгъалы. Ныззары, 152
бауарзта, нынкъарди... Тамакойы фæздæг дзы скалди. Фæсабыр и йæ цыд дæр. Йæ къух мæм тилы. Æрбацæуы... Дуармæ йæм кæсын. Æрбахызт къæсæрыл æмæ фæцыдæр... Мæ уаты иунæгæй лæууын. * Сылгоймæгты уарзут. Сымахæн Цæмæн ысты афтæ тынг адджын? Сæ цæстыты æнгас—зын хатæн. Сты се ’напп ныхæстæ та мастджын. Сымах сæ чындзытæ куы хонут, У уый та æнæхъуаджы ’рмæстдæр. Нæ, уыдон зæрдæтæ нæ зонут, Ысты сын планеттæй æмбæхстдæр. Æууæндут сæ ах-охтыл, дистыл, Фæбыхсут сæ тæргайы митæн. Куы бауарзтон æз кипаристы, Æндæрхуыз бæлæсты дидинты. Кипаристæ цинелтæ куы дарынц, Куы лæууынц æдзухдæр æмрæхснæг. Сæ сыбар-сыбур сын æмбарын — Фæдзурынц рæстады ныхæстæ. Æвзарынц хъыгдзинад дæр, цинад — Ды дæр ма сæм байхъус, фæндаггон, Фæдзурынц сæ хъуыдытæ уыдон, Сæ хъуыды у хорзæн, — рæстдзинад. АРГВЕТАГ КЪÆВДА Нæ балкъоны сæрмæ æмбæхстæй зæрватыкк цъыбар-цъыбурæй зары. Уымæн æз йæ таласмæ смонц дæн, айрохи букварь мæнæй. 153
Арв куы4 у мусы хуызæн — цыма нæмгуытæ ’ркалы, Ызгъæлынц, арвæй ызгъæлынц къæвдайы ’ртæхтæ пырхæй. Таугæрдæг найы йæхи, нартхорыл рихи æрзад. Зæронд лæг сахатмæ каст — уары дыккæгæм сахат. Зæрватыкк касти уæлвонгæй... Хуылыдз дзыккутæ бигæ, гыццыл хо бандоныл бадт. Мысын æй—раджы уыд уый. Æз балкъоны бадын ныр дæр. Уары та къæвда, уары цыппæрæм сахат, ноджы фылдæр... 'Ркасти та зæрватыкк пъолмæ рæвдаугæ, æгъуыссæггъуызæй, Æмæ фæлыгъди хуыссæг мæнæй. Бадын дадайæн йæ къæлæтджыныл, Къæвдамæ хъусын фырцинæн. Лашур-доны фæстæ — дадайæн йæ ингæн. Къæвдайы æртæхтæ фынддæсæм аз ныр, Мæнæуы нæмгуытау, куы хойынц йæ цырт.
Малазония Нестор РАЙСОМ АДЖАРЫ БÆСТÆЙЫ Фæхуыссы Бонвæрнон, чысыл ма баззад бонмæ, Хур рахсдзæн фæсрагъæй йæ сызгъæрин фат тагъд. Æрзилдзæн рог дымгæ бæстыл кæрæй-кæронмæ, Фæлмæн æхсыргъуыз мигъы сурдзæн кæмттæй дард. Мæй тайын райдайдзæн рæсугъд хуры фыруарзтæй, Йæ фæдау аззайдзæн бæрзондады цыдæр. Æртæх æртасын кæндзæн дидинæн йæ астæу, Фынæй лимон бæласыл базмæлдзæн сыфтæр. Тæхдзæн æнцой денджызæн хъазты дзуг йæ сæрты, йæ пæлæз айваздзæн хуыссæгхъæлдзæгæй нау. Мæ горæт бахуддзæн, ныррухс уыдзæн йæ зæрдæ, Фæйнæрдæм айхæлдзæн цъæх-цъæхид арв, тынау. РАЙГУЫРÆН БÆСТÆН Йæ хох, йæ быдыр уарзын æз нæ бæстæн, Хъæбулау уарзын алы бæлас, дур. Фыдæлты тугæй ацы зæхх фæхъæстæ, Уь^й февдисы сæумæрайсом сырх хур. Æз уарзын ацы хъæубæстæн йæ фæззæг, Æз уарзын уалдзæг, хурæй æфсæст бон. Фæуæм фыдвæззæг ме ’мдзæвгæ, мæхæдæг, Куы нæ уæм мах Фыдыбæстæн нывонд. 155
Нæ адæмæй æнæкæрон хæс дарын, Нæу рох мæнæй сæ зæрдиаг æххуыс. Кæцы æмдзæвгæ адæмæн нæ зары, Йæ ныффыссæг къух бауæд уымæн хуыскъ. Цъаммар ызнаг куы ’рбадара йæ ныхтæ, Куы ’рбавæра рæсугьд бæстæм йæ къах — Нæ адæмæн нæ туджы цъыртт, нæ тыхтыл Нæ бацауæрддзыстæм, æфсымæп. мах.
Сулакаури Арчил МАД Буцæн дæм æрбацыдтæн, о мамæ, Сæрды тавиц банкъардтон дæ былтыл, — Цингæнгæйæ рауадтæ ма размæ, Батавтай дæ хъарм риуыл дæ фырты. Кæс, æрбалæууыд дæ цард дæ зæрдыл, — Калачы куыд рæзыдтæн дæ зылдæй. Цæст æрхæссыс цæсгомы æвæрдыл, Не ’фсæдыс дæ хъæбулæн йæ уындæй. Ныр мæныл чысыл нæ цæуы азтæ, Халас мын мæ дзыккутыл фæхæцыд. Зонын и, дæ цæнгтыл мæ куыд хастай, Фсдтон, мамæ, хорз дуне дæ фæрцы. Хъарм хъæбысæй æз мæ саби бонты, Дидинджытæ, арвы цъæх уынгæйæ, М’ алыварс рæсугъд æрдзы тæмæнтæм Кастæн-иу дæ цæстæй, цин кæнгæйæ. Царды мæ кæддæр дæ сæр куыд хъуыди! Бафидон дын хъуамæ æз дæ хæрзтæ. Абоп та дæ рад дæуæн æрцыди, Акæс цардмæ, дунемæ мæ цæстæй. Мамæ, у сæуæхсидау дæ бакаст, Мæн дæ разы ницы хъæуы мур дæр. 157
Æз уынын дæ цæстæнгасæй д’ ахаст — Худынц мæм стъалытæ ’мæ хуртæ. МÆ УЫНГ Мæ нарæпчшау уынг — кæддæриддæр сыгъдæг, Уым афтæ чысыл ис каутæ ’мæ хæдзæрттæ, Æмæ йын хуры тынтæй армыдзаг — æгъгъæд, Цæмæй ыскала уайтагъддæр тæмæнтæ. Рæсугъд у хъæу, куы сдары хур йæ цæст, Куыд æй уарзын, йæ урс хæдзæртты сæрмæ Куы фæвæййы йæ тынтæ уый нывæзт, Æмæ та бон куы раивы изæрмæ. Æруадзын уæд æз хæдзарварс мæхи, йæ хабæрттæ æрымысын мæ цардæн. Мæ уынг мæ размæ айтыгъта йæхи, Мæ уарзон уынг — мæ саби бонты авдæн. йæ сæрмæ-иу ын мæргъты уынæр хъуыстон, Йæ фæрсты даргъ каштан бæлæстæ зад, Мæ дзыппыты-иу къухтæ арф нытътъыстон Æмæ-иу скъоламæ цыдтæн æнцад. Ызгъордтой азтæ, рæзыдтæн сындæггай, Мæ фидæнбон бæлвырддæрæй уыдтон. Мæ нарæг уынгыл ацыдтæн фæлтæргай, Уæрæх фæндагмæ рахызтæн бынтон. Æмæ йæ каубыдтæ кæцыран фесты, Кæм зыны къудзиты кæройнагдæр хæдзар, Фæвæййынц уым æвзонг лæппуйы азтæ, Æндæр уынгты цæуы уæдæй йæ цард. Фæлæ цыфæнды даргъ фæндагыл хонай, — Мæ уынг, уыдтæ мæнæн мæ ныфс... Кæд нарæг дæ, уæддæр, мæскъдонау, Уæрæх, хæрзрайдзаст горæтмæ кæлыс. 158
* Дымгæйы миттæ тæхынц, Фæндаг кæрдæйнагау — урс. Бæлæстæ... цыма лæууынц Уазджытæ фынгты уæлхъус... Хъæуы раз, хиды кæрон, Абухы миты хъæпæн. Спичкæ ыссудзын мæ бон Бырдæны не сси мæнæн. Митуард нæ кæны куынæг... Райдзастгонд бонтæ нæ цæст Фендзæн ма — уый у бæрæг — Зымæджы кæрон æрмæст. Цæстыты хаутыл дæр — мит... Дымгæйы уазал æхситт... Фисыныл, иу тар къуымы, Чидæр тамако дымы... Боныхъæд тынг хъызт у, тынг!.. Тохына уасы сырдау. Иу цæуæг иннæмæн зынг Авæры уынджы рæдау. Дымгæ дзыназæд, кæуæд, Уад-бырдæн къахæд къæпхæн. Æмæ тъыфыл мит кæлæд Быдыры, хæдзæртты ’хсæн. Урс фæлгуыр айхæлы ’васт... Цас æвзист!.. Сбарæн ын нæй. Чидæр æрбацыд æввахс, Куры зынджы хай мæнæйГ Ахаста зынг уый сындæг... 'Мбæрзта йæ урс тæхгæ рыг. Уымæй та иннæ цæуæг Фисыныл ракурдзæн зынг. 159-
Абухæд миттимæ уад, Уыцы хъазт уымæн — æхцон. Афтдзæн мæ зынджы мур дард, Цалынмæ ’рталынг уа бон. Боныхъæд тынг карз у, тынг! Хæдзæрттæй зарын цæуы... Зонын, хæларæй мæ зынг Разилдзæн не ’ппæт хъæуыл!..
Амисулашвили Шалва БАЛЛАДÆ Хуырджын къахвæндагæй Бæхы мыр-мыр райхъуысти, уæлæ, Дур цæфхады бынæй Æртылди мæ цурмæ æваст. Бæх тигъæй æрбазынд, Æрыгон чызг бадти йæ уæлæ, — Æрбахæцыд рохтыл Æмæ мæм æфсæрмдзæстæй каст. Æмбисæхсæв. Уарын. Нæ куырдадз — хуылыдз кæрзы аууон, Æз сау раздарæны Дзыхъхъытæгонд тыргъы лæууын. Æгæрон цъæх арвæй Æрцыдысты мигътæ хæрзныллæг, Дæ саулагъз дзыккутыл Сæхи хафгæ дарддæр цæуынц. Æмбисæхсæв дугъæй Уæлахизы кубок Алванмæ Ды ластай, æвзонг чызг, Дæ зæрдæ уыд цинæй æфсæст. Къæвдайы фæуынмæ Нæ куырдадзы кастæ æнхъæлмæ, Куыд хуыссыд арт, уымæй Куы нал истай, чызгай, дæ цæст. 11 Райдзаст Гуырдзыстон 161
Æвзонг чызг, дæ ныхас Фæлмæнæй æруади мæ хъустыл: — Уый дугъы йæ цæфхад Мæ бæхæн Тетроны фæхауд... Фæлæбурдтон артмæ, Æвиппайд æрлæууыдтæн куыстыл, Цæфхадæн æндонæй Нæ фæкодтон ницы æвгъау. Æфсæйнаг æвиппайд Ысзынг и, ысфæлмæн хыссæйау, Мæ фæлтæрдджын къухтæй Æрбакъæдзи мæйау æваст. Лæууыдтæ ды дуарыл, Фæкастæ мæм диссаджы нывау, Нæ дуары зул рамкæ Нæ уыди дæу аккаг æрмæст. Дæумæ та дæ цæфхад Сырх мæйау йæ мидбылты худти, Йæ фæстаг цæхæрты Нынныхъуырдта æхсæвы тар. Бæх бамыр-мыр кодта, йæ мидбынат цъилау ныззылди, Æрхоста йæ къæхтæ, йæ бæрзæйыл базмæлд йæ барц. Ныссагътон ыл цæфхад, Æрцахстон йæ идон мæ къухтæй. (Дæсны барæгæн ма Фæхъæуы, о, искуы æххуыс?!) Ды абадтæ саргъыл, Æвиппайд мæ цурæй фæцух дæ, Æрбайсæфт æндæргау Уæд æхсæвы тары дæ хуыз. Куырдадзы цур ме ’фсургъ Цъæх кæрдæгыл миййаг нæ хызти! Цæуыннæ баййæфтон Чызгайы мæ дугъоныл уæд?! 162
Кæй ацыдтæ уайтагъд, Гъеуым-æй мæ зæрдæ фæрысти, Дæ уарзондзинад мын Ныууагъта мæ зæрды тæлмвæд. Хæстон даргъ фæндæгтыл Тыхджын уад, дымгæты æдæрсгæ Æвзонг салдат уади, Фæстæмæ уый никæддæр каст. О, цал писмойы дæм Алванмæ нæ арвыстон хæстæй! Нæмгуытæй нæ рызтæн, Писмо арвитынмæ нæ уыдтæн ныфсхаст. Æндæр чидæр, зонын, Къæвдаджын æхсæвы Тетроны, Дæ дугъон æфсургъæн Ыссардта йæ цæфхады саст. Р1æ къухтæм æй систа Йæ бæллиццаг амондау, зонын, Æвæццæгæн уымæн Ды радтай æнусмæ дæ уарзт.
*^ы\\\\\\\*\\\™^ Халваши Фридон НÆ ЦАРД МÆСКУЫИМÆ СБАСТАМ Фыдбонтæ бавзæрстам ызнон; Æрхастам сабырад нæ бæстæн, Ыскодтам тыхстытæн кæрон, — Нæ цард Мæскуыимæ ысбастам! Кæс, хохрагъ денджызмæ фæхæццæ, Æмæ æрбаскъуыди йæ таг. Гъе, мах та тар мигъты æхсæнты Цæгатмæ айгæрстам фæндаг. Уæрæсе тынг дардыл ныззылди, Р1æ быдыртæ — сæвджын, уæрæх; Сабыр, æнцой цард байстам тохы, Ныр кусæм машинæтæй зæхх. Бæркадджын, райдзастхуыз — нæ хуымтæ, Мæнæуы æфсиртæ нæрсынц, Сæуæхсиды зæриндаг тынтæ Уæларвы алырдæм бырсынц! Фæаууон хур æхсæвы тары, Йæ тынтæй ма гæзæмæ зынд. Кæсын, æмæ цыма æвзарын Зæххæн йæхи зилын бæлвырд! Æгæрон айтынги мæ бæстæ, йæ хæзнатæ, мæ хæзна — иу. 164
Мæскуыйы цинæйдзаг хъæлæстæй Мæнæн дæр хурау дзаг — мæ риу! ДЫУУÆ ФÆНДАДЖЫ Кæс, наулæууæнæй хъавгæ араст нау, ■• Зын рæтты даргъ у денджызты йæ фæндаг. йæ хæс сармадзантæ фæласын нæу, Иæ балцы сæр — сабыр, фæлæ ахъаззаг. Фæнды йæ — тагъддæр баласа йæ уæз, Æрæджытæ йын не ’мбæлы æппындæр. Р1æхимæ райста арфæйаджы хæс: Фæкæнын фæндаг фондз боны цыбырдæр. Ныссабыр денджыз, мигъ фæлмы зыны; Кæсы йæ размæ капитан цырддзастæй. Бомбейы — стонг адæм... Æмæ тырны, — Фæхæццæ сæм уой уæзæгтæ хæрзластæй! Æрсабыр денджыз. Нал хъуысы уынæр. Фæлмæн дымгæ цъæх тыгъды уæлцъар фасы. Советон нау «Кубань» бæрзонд хæссы йæ сæр, Кубанæй Индимæ æвзаргæ хор фæласы. Æрвгæрон фурд ныттар. Гъе уырдыгæй мæнгард Æрбазыны тырыса — иууыл тагтæ. Уый янкитæ æрвитынц науты мидæг дард Пусанмæ тугдзых интервенттæн танктæ. Кæд се ’хсæн иумæйагæй мурдæр нæй, Сæ фæндæгтæ дæр — алырдæм æгасæй, — . Сæ иуæн акувдзысты тагъд сæрæй, Сæ иннæмæ та адзал кæсы разæй. Дыууæ науы фæйнæ ранмæ цæуынц, Æз-тагъддæрæй фæхæццæ уæм кæнынц... Сæ иуæн у йæ цыды сæр фæрнæйдзаг, Сæ иннæ та хæсты фæндаг — фыдвæндаг! 165
ПАЛЬМÆ «...Æнкъард æмæ иунæгæй айнæджы тигъыл Рæсугъд пальмæ зайы бæстыл». М. 10. Лермонтов Донбыл сæуæхсидмæ калы тæмæнтæ, Бæлæсты даргъ къохтæ тарбынхуыз дарынц. Денджызбыл алыран — рухсы уылæнтæ, хРог дымгæ пальмæйы ^буцæй рæвдауы. Рагон ыстыр бæллиц сæххæст, æрфидар, ,, Пальмæ йæ сомбоныл цингæнгæ ’ууæнды, Буцæй лæджы цард ыскæны хæрзвидауц, Бæлæсты цинмæ йæ хъазын æрфæнды. Пальмæ нæ тæрсы фыдрæстæг, фыд-зынæй,— Сбырстам тыхагуртæй цал æмæ цалы! Рæзы уырыссаг нæзыйæ ныфсджынæй, Иунæг нæу царды Аджарийы пальмæ! ТЕРК Сæнайы хох бæрзонд фæцыд, ныррызт, Цыргъ кардау, хæхтæ алыг кодта донæй: Иæ саха ныр æрмæст Теркæй нæу хъуыст, Кавказы меридиан æй рагæй дæр куы хонæм. Нæ хæхты картæйыл бæлвырд зыны йæ таг, Рæсугъд дæлвæзты ’рцæгъды хъисфæндырæй. Сæнайы хох ныуулæфы ’мæ тагъд Фæзыны арвыл рог мигътæ йæ хъуырæй. Ныххойы Терк цыргъ къæдзæхтыл йæхи, Кæлы æвæллайгæ йæ хидты бынты, заргæ. Уый у хæларады æвзаргæ хид Гуырдзыстонæй йæ хæлæрттæм мыггагмæ. Æврагъ та, базыртау, йæ сæрмæ сбадт, Ызгъоры Терк, тызмæг хъырнгæйæ, дардмæ, Нæ хъуыдытау, йæ уылæнтæн сæ уад Кæддæриддæр, тындзгæйæ, у Цæгатмæ. 166
Джавахишвили Михаил БАЙРÆДЖЫ КОДТА. Цыбыртæгондæй Æфсæйнаг фæндаджы был агъуыст. Къулы рæбын даргь бандоныл бады стъороз Тома йе ’стдæсаздзыд чызг — куырм Тинæимæ. Тинæ бады йæ фыдырдæм чъылдымыздæхтæй, æмæ йæ сатæгсау даргъ дзыкку- тæ йæ фыды къухы æддеты æрхаудтой уый уæрджы- тæм. Тома сæ фасы хъæдын сæрвасæнæй. — Ахæм рæсугъд дзыккутæ никуыма федтон. Æмæ ноджы даргъæй-даргъдæр кæнынц. — Куыд загътай, баба? Нæ мæ сайыс? Рæсугъд сты? Фидауынц мыл? — Тынг дыл фидауынц. Чызг йæ мидбыл бахудт, йæ урс-урсид рæсугъд дæндæгтæ ферттывтой, йæ саугуырм цæстытæ буцæн æрцъынд кодта. Йæ уæрджытыл цы зæронд гæды æрфынæй, уый æрсæрфтытæ кодта. йæ къæхты раз та зæххыл хуыссы бирæгъы хуызæн стыр куыдз. Куыдз фырæнтæфæй йе ’взаг раласта æмæ лæф-лæф кæны, йæ цурты цы бындзытæ тæхынц, уыдонмæ фæкъæпп кæны. Тинæ кæддæр гæдыйы схуыдта «Нану», куы- дзы та «Хъуырхъуыр», æмæ сыл уыцы нæмттæ баз- задысты. — Нану! Баба цы загъта, уый фехъуыстай?.. Уæ- дæ, баба, мæ дзыккутæ рæсугъд сты? — гæдыйæн æр- бахъæбысгæнгæйæ та бафарста чызг. — Тынг рæсугъд, мæ хур, тынг! Дæ дзыккутæдæр, 169
дæ цæстытæ дæр, дæ даых дæр, дæ фындз дæр. Стæй дæхæдæг дæр рæсугъд дæ, мæ зæрдæлæууæн... Уды- гагайы хуызæн чызг. — Æмæ уæд мæ дзыккутæн сæ хуыз цавæр у? — Уыцы фарста Тинæ лæвæрдта, æвæццæгæн, фондзыссæ- дзæймаг хатт. Æмæ йын Тома дæр, æвæццæгæн, сæдæйæм хатт æнкъардгомау хъæлæсæй дзуапп радта: — Дæ дзыккутæ?.. Сынтыбазыры хуызæн сатæг- сау. — Æмæ сынтыбазыр та цы у? Сау цы хоныс? — Сау?.. Ды цы уыныс, гъеуый, мæ хъæбул. — Æмæ æз куы ницы уынын, баба! — Сау уыныс, сау, ома тар... ома ницы... — Тар!.. Ницы!.. Сау... Уæдæ, уæд сау — уый... ницы у?.. — О, мæ къона, о, уый ницы у. — Æмæ ницы дæр сау у?.. Æмæ уæддæр ницы- йæн йæ хуыз цавæр у? Стæй хуыз йæхæдæг цы хуы- зæн у? Цы у, цы, хуыз?.. Тинæйæн ма йæ сæр дæр срысти фырхъуыдыйæ, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Уыцы хъуыдытыл йæ къух ауыгъта, зын бамбарæн сты, зæгъгæ... Фæлæ та уæддæр, иннæ хæттыты хуызæн, афарста: — Мæ цæстытæ ^а цы хуызæн сты, баба? — Дæ цæстытæ? Уыдон дæр сау сты, мæ зæр- дæлæууæн. Æрмæст сыл урс хæрв сбадти. — Мæ былтæ та? — Уыдон та сырх сты. — Дæндæгтæ та? — Урс — Мæ цæсгом та? — Дæ цæсгом?.. Уый та буархуыз у... Быд фæци Тома цонджы стæвдæн дзыкку, чысыл хæцъилы гæбазæй йæ бабаста æмæ загъта: — Фæдæн дын быд дæ дзыкку! Сыст, мæ къона! Тинæ йæхи сраст кодта, йе ставд дзыккутæ йæ бæрзонд риутыл æруагъта. Фæлæ йæ сыстын нæма фæнды. йæ рæмбыныкъæдзтæ уæрджытæм сарæзта, роцъо армытъæпæнтыл æруагъта. Йæхи узæгау кæ- нЫ, кæдæмдæр мидбыл худæгау кæсы æмæ куры: 170
■— Баба, ныр та мын аргъау ракæ! — Аргъау?.. Цы аргъæуттæ зыдтон, уыдон дын мин хатты радзырдтон. Æндæр ницуал аргъау зонын. — Гъемæ, кæй фехъуыстон, ахæм аргъау дæр ракæн! — ...Уыди æмæ нæ уыди... Хуыцауæй хуыздæр та цы уыдаид? Раджыма-раджыма иу паддзах царди. Æмæ уыцы паддзахæн чызг уыди, мæнæ дæ хуызæн рæсугъд. Æмæ, дын, иухатт паддзах фæсидти йæ назиртæм æмæ визиртæм1... — Æмæ чызг та цы хуынди? — афарста Тинæ. — Тинæ хуынди, Тинæ, генацвале!2 — Мæнæй рæсугъддæр уыдис? — Дæуæй рæсугъддæр та кæцæй уыдаид! Фæлæ... — Фæлæ мæнау куырм нæ уыд. Афтæ нæу? — Ай-гъай, мæ зæрдæдарæн. Куырм нæ уыд. Гъемæ... паддзах фæсидти йæ назир-визиртæм æмæ сын загъта: «Мæ зæххыл фæзынди фарастсæрон уæ- йыг æмæ мын мæ адæмы хæры. Уыцы уæйыджы чи амара, уымæн балæвар кæндзынæн лал-дурæй амад галуан...» — Æмæ лал-дур та цы у? — Уый тынг зынаргъ дур у. Дæ кæстæр æнгуыл- дзыйас дур нæм дзы куы уаид, уæд мах тынг хъæздыг уаиккам. — Йæ хуыз та цавæр у? — Сырх, мæнæ дæ былты хуызæн. — Дарддæр дзур. Галуаны къултæ та цавæртæ уыдысты? — Бирюзайæ. — Бирюза æрвхуыз у? Æви цавæр? — Æрвхуыз, мæ удыгага! Галуаны цар та изумру- дæй конд, кæрдæгхуыз; бæлæсты сыфтæртæ цы хуы- зæн сты, ахæм. Æмæ паддзах загъта: — балæвар, дам, ын кæндзынæн лал-дурæй амад галуан, стæй йын Тинæйы моймæ ратдзынæн. — Æмæ моймæ раттын та цы у? 1 Назир, в и з и р — паддзахы галуаны бадæг хнцæуттæ. 2 Гепацвале — ома дæ фæхъхъау фæуон. 171
— Дæс хатты, ссæдз хатты дын æй куы загътон, мæ къона. — Ноджыдæр мын æй зæгъ, баба! Ноджыдæр! — Моймæ раттын — уый... чызг æмæ лæппу иу хæ- дзары куыд æрцæрой, афтæ. Тинæйæн йæ мидбылхудт фæцыдæр, йæ дзых ахус, йæ хъæлæсы, хатт дæр фендæр и: — Æмæ иумæ цæмæн æрцæрынц? — Уымæн æмæ... уыдон... лæг æмæ ус вæййынц: чызг — ус, лæппу та — йæ лæг; гъемæ иумæ цæрынц. — Æмæ лæг æмæ ус — уый цы у? Иумæ цæмæн фæцæрынц? — Уымæн æмæ уыдон... сæ кæрæдзийы уарзгæ фæкæнынц, мæ хъæбул. — Цæмæн фæуарзынц? Уарзын цы у, цы? Тома цы зæгьа, уый нал зоны. Фæлæ йæ йæ чызг нæ уадзы, аркъауæй ласæгау дзы ласы раст дзуап- пытæ. — Уарзондзинад — уый... мæнæ... чызг æмæ лæппу кæрæдзийы куы бауарзынц... гъеуый у уарзондзинад. — Куыд бауарзынц? — хынцфарст кæны Тинæ. йæ фыды къухыл ныххæцыд: — Куыд бауарзынц, куыд, баба? Куыд? Цы сæ хъæуы? Цы, цы? Æмæ йæ йæ тыхджын къухтæй нылхъывта, йæ хъæ- лæс мæсты зыланг ныккодта. — Зæгъдзынæн, мæ къона, зæгъдзынæн. Æрмæст басабыр у. Мæсты ма кæн! — Дзур уæдæ, баба, дзур! — Чызгæн йæ маст æрныгъуылди, дзурын байдыдта фæлмас, лæгъстæ- гæнæджы хъæлæсæй: — Цæй-ма, дзурын райдай! Уы- ныс, æз æрсабыр дæн. — Æмæ йæхи йæ фыды уæхскыл æруагъта, хъусынмæ йæхи сцæттæ кодта. — Чызг æмæ лæппу сæ кæрæдзийы куы бауар- зынц, уæд фæрсæй-фæрстæм сбадынц... — Мæнæ æз æмæ дæу хуызæн?—сабыргай сдзырд- та Тинæ æмæ йæ фыдмæ ноджы æнгомдæр бабадт. — Мæнæ афтæ, нæ? Стæй уæд? — О, мæ зæрдæлæууæн, гъе афтæ! — Æмæ дарддæр та... Уый фæстæ та цы? — Уый фæстæ, мæ къона... Уый фæстæ — ницы! I — Куыд ницы? Нæ, нæ, афтæ нæу, баба! Нæ мæ 172
асайдзынæ!.. Баба, зæгъ-ма йæ! Уый мæ мард фенæд, чи нæ йæ зæгъа!.. Цæй-ма!.. — Хуыцауардыстæн, ницы... — Ничи йæм кæсы: хуыцауæй дæр ма сомы кæны. — Нæ йæ зонын, нæ... — Уæдæ йæ æз мæхæдæг зонын. — Æмæ йæ кæд зоныс, уæд ма мæн цæмæн фæр- сыс? — Зонын æй! Тынг дзæбæх æй зонын! — сæм- дзæгъд кодта Тинæ. — Зонын æй, зонын. Мæнæн æй уæртæ Къекъе радзырдта. — Цы дын радзырдта. — Радзырдта мын... чызг æмæ лæппу кæрæдзийæн куы ахъæбыс кæнынц... — Тинæйæн йæ цæсгом æвип- пайды сырх-сырхид афæлдæхт, æмæ ныхъхъус и. — Æмæ уæд цы?.. Ахъæбыс кæнынц æмæ цы? Тинæ фестъæлфыди. Ницуал дзуры. йæ цæсгом йæ фыды риуыл амбæхста, стæй æрæджиау сабыргай сдзырдта: — Ахъæбыс кæнынц æмæ... пъатæ кæнын байда- йынц. «Зоны йæ! — ахъуыды кодта Тома.. — Зоны йæ! Æмæ йын æниу афон нæу? йе ’стдæс азы йæхи фесты. Раст зæгъын хъæуы, нæлгоймаг нæм никуыма уыди, фæлæ... Азтæ сæхи амонынц». — Баба! — зыр-зыргæнаг хъæлæсæй дзуры чызг. — Цы зæгъыс, мæ хъæбул? — Бафæрсынмæ дæ хъавын... — Бафæрс, мæ къона, бафæрс! — Æрмæст ма смæсты у... — Цæмæн, генацвале? Цæмæн дæм хъуамæ смæс- ты уон? — Чызджытæ мæ цахъхъæнæй моймæ ацæуынц? Æви нæма? — Ацæуынц, мæ хур, ацæуынц. — Æмæ мæ ды та кæд ратдзынæ? Томайæн йæ хъæлæс фæсаст: — Дæу?.. Тагъд дæ ратдзынæн, мæ удыгага, тагъд! Ахæм сахъ лæппу дын ссардзынæн, ахæм, æмæ... Фæн- ды дæ сахъ лæппумæ фæцæуын? — О, баба, фæнды! Мæн дæр гъе ахæммæ фæнды... 173
Тинæ йæ цæстыхаутæ дæлæмæ æруагъта. Йæ уЛæфт нал хъуысы. Стæй, цыма йæхиимæ ныхас кодта, уыйау афарста: — Кбача кæм и? — Кусы... Æмæ Кбача дæ зæрдæмæ цæуы? — Тынг. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы! Хорз лæппу у. Тынг хорз. Æрмæст... цы бæрæг и?.. Куырм Тинæйы ракурын æй бафæнддзæн?.. Чызджы уыцы æргом ныхасмæ Томайæн йæ зæрдæ суынгæг и. йæ зæрдæ йын ссыгъта, йæ зæронд сагъæс- тæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Чи ракурдзæн Тинæйы? Чи цы кæны мæгуыр хæдзары чызгæй, куырм чызгæй? Куырм сылгоймаджы йæхицæн усæн чи бацагурдзæн? Ничи! Ничи! Тинæ йæ зæронды бонтæм чызгæй баззай- дзæн... Не ’смой кæндзæн, уарзондзинад цы у, уый нæ бавзардзæн... Ссæдз азы бæрц хъахъхъæны Тома æфсæйнаг фæн- даг. Æнахъом лæппу ма уыдис, афтæмæй уый ныу- уагъта йæ райгуырæн хъæу Лечхум, хæрзбон загъта сыхæгтæн æмæ хæстæджытæн. Куы слæг ис, уæд Сура- мы ссардта йæхи хуызæн мæгуыр чызджы æмæ йæ ракуырдта. Тома æмæ Мариам æрцардысты æфсæйнаг фæнда- джы был. Афæдзы фæстæ сын райгуырди Тинæ...' Цы- дысты бонтæ... Чызгыл æртæ азы нæма сæххæст, уæд тынг фæрынчын; йæхи дæр не ’мбæрста, афтæмæй адзалимæ дыууæ къуырийы фæтох кодта. Æппынфæс- таг сдзæбæх и, фæлæ йæ чысыл цæстытæ уæдæй фæс- тæмæ боны рухс нал федтай, — сывæллон куырмæй баззадис. Мад æмæ фыд адæргæй куы кувгæ кодтой, куы та сæ цард æмæ сæ хуыцауы æлгъыстой. Райдианы уьь дон зæрдиагæй архайдтой Тинæйæн сау æмæ урс, сырх æмæ кæрдæгхуыз, цъæх æмæ бур æмбарын кæ- ныныл. Фæлæ куыдфæстæмæ бамбæрстой, чызг хицæн ^уызтæ кæй никуал иртасдзæни, ацы дуне сæ иунæг хъæбулæн кæддæриддæр кæй уыдзæнис — тар æхсæв, йæ цæстытæ рухсы цъыртт кæй никуыуал фендзысты, æмæ йын уыцы æнамонддзинадæй фервæзынæн кæй ни’чиуал баххуыс кæндзæни — нæдæр къамæйфæрсæг, нæдæр дзуар. 174
Мад æмæ фыды стыр зæрдæйы рыст чысылгай ба- мынæг, фæлæ уæддæр сæзæрдæтæ рухс кæцæй уыдаик- кой, сæ хъысмæтæй хъаст куыд нæ кодтаиккой! Тинæ рæзыд æмæ рæзыд. Йæ мад Мариамы æххуысæй ба- зыдта æлвисын, цъындатæ кæнын, дон хæссын, арæхс- ти хæдзар рамæрзынмæ, суанг ма гæрстæ æхсынмæ. дæр. Цыдысты азтæ. Тинæйы зæрдæйы мидæг зæронд дуне куыдфæстæмæ куынæг кодта. Фæлæ уый бынаты гуырыдис ног, æнахуыр дуне. Сæ рæзты-иу гуыр-гуыргæнгæ цы поезд азгъордта, уый чызгмæ касти, мингай æфсæн базыртæ кæмæн ис, ахæм æвирхъау маргъы хуызæн, уыцы базыртыл цы адæм и, уыдон та — мыды фæзгъæрты уæлæ мыды- бындзытау. ... Сæ чысыл къæсы æдде хæрдмæ бæрзонд фæцыди хох, æмæ уыцы хохы сæр бадти фарастсæрон уæйыг. Уæйыг йæ къухы дардта судзгæ стыр æхсидав, æмæуы- цы æхсидав бæстæтæ тавта. Уæйыг-иу фынæй кæнын- мæ куы ацыд, уæд-иу быдыр байдзаг донычызджытæй, куырысмæдзæуджытæй, хæйрæджытæй. Уыцы æна- хуыр цæрæгойтæ сæхимидæг сусу-бусу, чыр-чыр код- той, æнæсæрæн фæндаггонты-иу сæ даргъ дзыккутæй æрцахстой. Къуары донæй дæр хъуысти донычызджы- ты цъæпп-цъæпп, сæ æнахуыр сыбар-сыбур ныхас. Æхсæвыгæтты-иу хъуысти уыджы хъæр, æмæ Тинæ- йæн уый йæ цæстытыл уади базырджын Хъуырхъуы- ры хуызæнæй, нартхоры хуымты чи рæйдта æмæхъыл- листытæ чи кодта, уыцы хъæддаг куитæ æмæ зыгъар- джытæ_та уыдысты æвирхъау Нанутæ. Хатгай-иу уæ- йыг хохы сæр йæ дзых ныххæлиу кодта — æнæхъæн хæдзарыйас дзых—æмæ æгас дунейыл футтытæ кодта, дымгæ-иу раскъæрдта, науæд та, йæ æхсидав-хур кæм- дæр бамбæхстаид, дынджыр сасир райстаид æмæ уы- цы сасирæй зæхмæ уарын луæрстаид кæнæ та зæхх иууылдæр уазал бæмбæг-митæй бамбæрзтаид. ’ Галиуфарсырдыгæй чысыл уæлдæр, Къуары доны фале уыдис дыууæ чысыл хъæуьь Уыцы хъæутæй хъуысти хъуццыты уасын, куиты рæйын, адæмы уы- нæр. Хатгай-иу хъомгæстæ æмæ сывæллæттæ хæстæг æрбатардтой хъом æмæ мæргъты. Уæд-иу Тинæ уыцы 175
уынæрмæ рацыд, йæ æнæзонгæ хæлæрттæм-иу йæ къухтæ адаргъ кодта æмæ сæм сидти: — Лæппутæ! Чызджытæ! Кæм стут, кæм?.. Кбача! Шени чъериме1, аххуыс-ма мын кæ! — Фæцæуæм дæм, Тинæ, фæцæуæм! Лæппутæ æмæ-иу чызджытæ амбырд сты. Тинæ- йы-иу сбадын кодтой æмæ алы диосæгтæ дзырдтой, кæнæ та-иу истæмæй хъазын райдыдтой, — æмæ Ти- нæ дæр семæ. Бæстæ-иу худт æмæ чыр-чыр сси. Чи йын-иу йе 'уæхскыл андзæвыд, чи-иу æй згъоргæ- згъорыны скъуырдтаид, чи та йын-иу йæ дыууæ къух- мæ февнæлдтаид æмæ йæ ныззылдтытæ кодтаид, гъе- ныр ма, кæцырдыгæй дæн, уый базон, зæгъгæ. Тинæ-иу сывæллонæй искæй куы ахста кæнæ та-иу йскæй къухыл куы андзæвдис, уæд, лæппу чи у æмæ чьгзг чи у, уый алы хатт нæ иртæста, фæлæ фæстæ- дæр, куы байрæзыдис, уæд-иу хъомыл лæппуйы уай- тагъд базыдта: куыддæр ыл-иу андзæвыд, афтæ-иу зынджы стъæлфæны хуызæн цыдæр банкъардта. Æмæ йæ зæрдæйæн фæадджын иу лæппу — Къе- къейы фырт, Габо, фæсномыгæй Кбача, зæгъгæ, кæй хуыдтой, уый. Уый иннæтæй хистæр уыд — тыхджын, уæнгджынтæ арæзт. Кбача йын-иу йæхæдæг дæ бон хорз загъта, йæ къухтæм ын-иу февнæлдта, ныззылд- тытæ-иу æй кодта, алы хуызты йæ ирхæфста, исты худæн ныхæстæ кæнгæйæ, æххуыс ын кодта, хъахъ- хъæдта йæ. Чызг æмæ лæппу бахæлар сты. Хъаз- гæйæ-иу Кбача куырм чызджы куы ацахста, уæд ын- иу ныхъхъæбыс кодта æмæ-иу æй нал уагъта. Ахæм сахат-иу Тинæйы буары цыдæр фестъæлфыдис, цыдæр æхсызгондзинад-иу йе ’уæнгты ахъазыд, чызг-иу ныхъ- хъус и, стæй-иу æрæджиау, йæ къухтæ размæ хæс- гæйæ, йæхæдæг лæппуйы асырдта. Тинæйы æмгар чызджытæ иуцасдæр рæстæгæй фæс- тæмæ уыцы ран нал æмбырд кодтой. Æмæ йын уæд Мариам загъта, уый дæр уырдæм куыннæуал цыдаид, афтæ. Фæлæ-иу Кбача уæддæр исты æфсон ссардта, цæмæй хæлар чызджы федтаид æмæ йын хъазгæйæ ахъæбыс кодтаид, йæ цонг ын алхыскъ кодтаид, йæ Шени чъериме — дæ рынтæ дын ахæрон. 176
тæвд буарыл ын андзæвыдаид... Стæй йæм-иу афтид- къухæй дæр не ’рбацыд: куы дыргътæ æрбахастаид, куы та истыхуызон фæндыр, ацæгъдынмæ. Фæлæ иухатт куы уыд, уæд Кбача æрбадæлдзæх и: Сураммæ кусынмæ ацыд. Тинæ æрæнкъард и. Мысыди Кбачайы. йæ фыны йæ арæх уыдта, цыма йын Кбача фыццагау хъæбыстæ кодта, тухæнæй йæ мардта. Тинæйы мад цалынмæ æгас уыдис, уæдмæ йæ мæ- гуыр куырм хъæбулмæ æдзух йæ цæст дардта, зылдис æм, амыдта йын алцы, кодта йæ кусын ахуыр. Тинæ чысылтæ зыдта фæндырæй цæгъдын, дайрайæ та цагъ- та цæстджын адæймаджы хуызæн. Поезд ацæуыны рæстæг-иу Тинæ кæрдæгхуыз чы- сыл тырысаимæ лæууыд будкæйы раз, æфсæн маргъ- мæ йæ мидбылты худти, æнæуынгæ бæлццæттæм йæ къух тылдта æмæ сæм-иу хъæр кодта: — Æгас цæуат, лæппутæ æмæ чызджытæ!.. Фæн- дараст фæут!.. Рауадис-иу афтæ дæр, æмæ йыл искæцы къулбадæг кæнæ та цъаммар адæймаг поездæй фехстаид гæххæт- ты къуыбар, æхсыд стæг кæнæ дзулы хъæбæр. — Куыдзы мыггаг! Налат! Æнæгъдау! — мæстæй кæугæйæ-иу хъæр кодта поезды фæдыл Тинæ. Сæ чысыл хæдзаргондæй сæдæ къахдзæфы æддæ- дæр ис æрх. Тинæ райсы дурын, уисы саст æмæ араст вæййы донмæ. Иæ фæдыл та, йæ сæр дæлæмæ æруадз- гæйæ, сæ куыдз фæцæуы. Чызг рог къахдзæфтæй æрх- мæ ныууайы, донмæ бацæуы, йæ дурын байдзаг кæны æмæ та — фæстæмæ сæхимæ. Иухатт куы уыд, уæд Мариам фæрынчын. Уый раз- мæ-иу Тинæ йæхæдæг дæр чысыл арынчынтæ ис. Æмæ уымæ гæсгæ йæхинымæр загъта, рæстæгæй-рæстæгмæ тæфсæг алкæй дæр абæрæг кæны, зæгьгæ, æмæ, ома, йæ мад иу-æртæ боны ахуысдзæн, стæй сыстдзæнис. Фæлæ Мариамæн сыстын йæ бон нал баци. Тома йæ бинонтимæ æфсæйнаг фæндаджы был цы чысыл агъуыстгонды царди, уымæ хæстæг Кбачайы мад Къекъейæн цæхæрадон уыдис. Иу изæр æм уыр- дæм фехъуыст Тинæйы æрдиаг, æмæ сæм базгъордта. Уый фæстæ æрбацыди Тома, æмæ Тинæ гъеуæд фыц- цаг хатт фехъуыста йæ фыды богъ-богъ æмæ хъæрзт. 12 Райдзаст Гуырдзыстон 177
Æртыккаг бон марды баныгæдтой. Уæдæй фæстæ- мæ Тома æмæ Тинæ арæх цыдысты уæлмæрдтæм, би- рæ-иу фæкуыдтой, фæстæмæ цæугæйæ та кæрæдзи- йæн зæрдæтæ æвæрдтой. Райдианы-иу сæм Къекъе алы бон дæр æрбауад, Мариамы бæсты-иу фæкасти хæдзармæ. Фæлæ сæм куыдфæстæмæ афтæ арæх нал цыди, æрмæст ма-иу сæ мæй иу хатт абæрæг кодта. Сæрд йæ тæккæ тæмæнмæ бахызти. Хур дзæвгар акъул и, фæлæ ма уæддæр æнтæф у. Хурæй сыгъд бы- дыры астæу дардмæ урс дары фæндаг хъахъхъæнæ- джы урс агъуыстгонд. Сидзæры каст кæны, Тома æмæ Тинæ цы къуымы цæрынц, уый... Фæндаджы былтыл фæцæуы кусæг лæг. Ацæргæ, ныллæггомау, бæзæр- хыгтæ арæзт, фыдынд. йæ сахъат къæхтæй верст верс- ты фæдыл уадзы, æмæ афтæ зыны, цыма зæхх мæрзгæ кæны. Р1æ иу къухæй хæцы, йе ’ккойы цы дзæкъул ис, ууыл, иннæ дæргъæй-дæргъмæ, ауыгъды хуызæнæй, суанг уæрагмæ æрхæццæ ис. йæ цæсгом у æнахуыр фыдынд: йæ иу æрдæг сырх, цыма йыл згæ фæхæцыд кæнæ йын артмæ басыгъдис, уый хуызæн, æмæ æрмæст иннæ æрдæгыл зыны рихиты æмæ зачъеты иугай хъуынтæ... Изæрæй Тома æмæ Тинæ гъеуыцы кусæг лæгимæ бадтысты сæ даргъ бандоныл æмæ ныхæстæ кодтой. Лæг хуынди Соло. Уый раздæр куыста Къахеты æф- сæнвæндагыл, фæлæ йæ ныр ардæм раивтой. Иунæг лæг: нæдæр ын бинонтæ ис, нæдæр хæдзар. — Уазæг, хуыцауы уазæг! — загьта йын Тома. — Ахсæв уал ам лæуу, райсом дæ фæндаг дардзынæ. Стъолыл æрæвæрдтой кæсаг, джитъритæ, цыхт, сæн. Фæбадтысты дзæвгар, æмбисæхсæвмæ æввахс бахуыс- сыдысты. Томайæн уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыд, фæлæ ма Тинæ æмæ Соло бирæ фæоффытæ кодтой, рафт- бафт кодтой сæ хуыссæнты. Уазæг куы райхъал, уæд Тома хæдзары нал уыд, йæ куыстмæ ацыди. — Соло, аххуыс мын кæ! — загъта Тинæ. — Дон « сæвæр, æмæ рафыца. Æз дын ахæм цай бацымын кæн- 178
дзынæн, æмæ Къахеты дæ цæстæй дæр кæй никуы федтай. Чызг зилæнтæ систа. Арт скодта. Цай уайтагьд ацæттæ. — Дис дыл кæнын, — дзырдта Соло, — уынгæ ни- цы кæнын, зæгъыс, афтæмæй дæ кусынмæ цæстджын дæр нæ баййафдзæни. — Фæцахуыр дæн, генацвале. Ахуырæй у алцы дæр. — Æмæ уæд мæныл тагъд фæцахуыр уаис? — Æз дыл ныридæгæн дæр фæцахуыр дæн, — мидбылты бахудгæйæ, загъта Тинæ.—Гъеныр табуаф- си! Цай дæхæдæг рауадз, науæд æз тæвдæн нæ фæра- зын. Æрбадтысты. Ныхас сыл ацайдагь. Соло йæ сахъат къах адаргъ кодта æмæ Тинæйы къæхтыл андзæвыд. Æмæ чызг фестъæлфыд. Туг цæсгоммæ ныццавта. Ти- нæ агуывзæ æрæвæрдта, йæ армытъæпæнæй йæ цæс- гом бамбæрзта, ныхъхъус и. Æнæдзургæйæ бирæ фæбадтысты. Стæй уæд Соло Тинæмæ хæстæгдæр бабадт, йæ даргъ къабазæй йæ æр- бахъæбыс кодта, апъа йын кодта, фыццаг æнæныф- сæй, стæй уæд ноджыдæр, зыдгæнæгау. Йæ былтæ чызджы дзыхыл нындæгъдысты æмæ йæ сулæфын дæр нал уадзы. Тинæ йæхи нал æмбары. Цы кодта, цæмæн афтæ ризы? йæ зæрдæ къултыл йæхи цæмæн хойы, йæ буар артау цæмæн ссыгъд? Чи у ацы нæлгоймаг, куырм Тинæйы йæ риумæ афтæ тынг чи æрбалхъывта, йæ тыхджын цæнгтæй йæм афтæ гуымиры æвнæлд чи кæ- ны, мæгуыр, æнæхъару, æнæфæхæцæг чызгæн афтæчи пъатæ кæны, уый? Цавæр адæймаг у, цæмæн афтæ кæны? — Соло!.. Æгъгъæд!.. Фæлæуу-ма! Суадз мæ! Дæ къух айс! — артау судзгæйæ дзуры Тинæ, хъавы сыс- тынмæ, фæлæ йæ буар йæ коммæ нал кæсы... Дыууæ-æртæ боны иу хатт Соло станцæйæ ссæуы Тинæйы абæрæг кæнынмæ. Æвæдза, чысыл байрæджы кодта, уæд Тинæ йæ уагыл нал вæййы: — Стæ-ма; Нану!.. Хъуырхъуыр, ацу ардыгæй! 179
Ныууадз мæ, баба! Нал уæ фæразын! Цы мæ баййард- тат? Цы дæ хъæуы? — мæсты кæны Тинæ, агъуысты къуымты катай фестгæйæ. Иæ зæрдæйы рыст уромын куынæуал фæфæразы, уæд сывæллонау хæкъуырццæй кæуын сисы. Тома йæ куы фæлмæн ныхæстæй сабыр кæны, куы йын рог уайдзæфтæ бакæны, куы та йын, станцæйы- рдæм ныккæсгæйæ, æхсызгон хабар фехъусын кæны: — Ссæуы! Ссæуы! Цу, мæ къона! Цу йæ размæ ауай! Æмæ уæд Тинæ, йæ къухтæ йæ размæ даргæйæ, ра- цæуы фæндаджы былмæ æмæ хъуытаз хъæлæсæй дзуры: — Соло! Соло! Кæм дæ? — Фæцæуын, Тиникъо, фæцæуын! — дзуапп ын ратты Соло æмæ йæ сахъаткъæхтæ тагъддæр исын бай- дайы. Иу-фондз минуты фæстæ дыууæйæ дæр æрба- цæуынц агъуыстмæ, иу иннæйы дзыхæй дзырд исгæйæ. Кæрæдзийæн уайдзæфтæ кæнынц, кæрæдзийы рафæрс- бафæрс байдайынц. Солойы къухтæ афтид никуы вæййынц, кæддæрид- дæр йæ усагæн исты лæвар æрбахæссы: дыргътæ кæ- нæ адджинæгтæ, кæлмæрзæн кæнæ чуститæ1, фæндыр кæнæ джиппæйфыст хъуымац. Уыцы лæвæрттыл Тинæ бацин кæны, цыма йыл стыр ам^нд сæмбæлы, уый хуызæн, сывæллонау, схъæлдзæг вæййы. — Чындзæхсæв та нын кæд уыдзæн? — бафарста йæ Тинæ иухатт. — Ацы къуыри æхца райсдзынæн, къабайæгтæ дын балхæндзынæн, ног къуыри та чындзæхсæв скæндзыс- тæм, — дзуапп радта Соло. — Стæй дæ уæд горæтмæ аласдзынæн æмæ дæ дохтырæн фенын кæндзынæн. Цы бæрæг и? Чи зоны, æмæ дæ цæстытæй ракæсай... Иухатт куы уыд, уæд Соло загъта: — Цæй, Тиникъо, хæрзбон! Æз цæуын горæтмæ. Къуыримæ фæстæмæ æрбаздæхдзынæн. Æнкъард-иу ма кæн! 1 Чуститæ — фæлмæн, цыргъфындз пъадосджын сæрак- дзабыртæ. 180
Кæрæдзийæн ахъæбыс кодтой. Хæрзбон загътой. Къуыри Тинæйыл куыддæртæй аивгъуыдта. Но- джыдæр ма иу бон куы рацыд, уæд Тинæ æрæнкъард, изæры та бынтюн ныттар и æмæ йæхицæн бынат нал ардта. йæ хуыссæны иæркуасæнтæм рафт-бафт фæкодта, йæхæдæг дæр нæ бафынæй æмæ йæ фыды дæр нæ бауагъта. — Ма тыхс, мæ хъæбул! Горæт адæмæй йедзаг, хъуыддæгтæ дзы чысыл нæ вæййы. Æвæццæгæн ын æхца афоныл нæ радтой. Ардæм æй хъæуы, ма йын тæрс! Уыцы тыхстæй бады Тинæ бандоныл, куыдз æмæ гæдыйы йæхимæ хæстæг нæ уадзы, уисæй сæм æвзиды. Куы йæхимидæг цыдæртæ дзуры, куы йæ цæссыгтæ асæрфы. Тома дæр уым цыдæртæ змæлы æмæ та фæн- даджырдæм акæсы. Тома йæ куыстмæ’ куы ацæуы, уæд Тинæ йæ уисы саст райсы æмæ æфсæйнаг фæндаджы былтыл стан- цæйырдæм араст вæййы, йæ фæдыл та, йæ сæр ныллæг æруадзгæйæ сæ куыдз фæцæйцæуы. Сгаргæ-сгаргæ цæуы Тинæ размæ æмæ сиды: — Соло! Соликъо! Кæм дæ, кæм, Соликъо! Фæлæ уайтагъд, æгæр дард рацыдтæн, зæгьгæ, йæ зæрдæйы тас бацæуы. Фæстæмæ раздæхы æмæ, сæ куыдз Хъуырхъуыры хуызæн, сæргуыбырæй, кæугæ æмæ нæтгæйæ сæхимæ ссæуы. Иу æхсæв Тинæ йæхи нал баурæдта æмæ ныббогъ- богъ кодта. Тома цырагъ ссыгъта, йæ цуры æрбадти æмæ йæ сабыртæ кæны: — Æгъгъæд у, æгъгъæд, мæ зæрдæлæууæн. Дæхи ма хæр! Райсом æй ардæм хъæуы. Кæнæ таиннæбон! — Нал æрбацæудзæн! Нал! — хæкъуырццæй кæу- гæ дзуры Тинæ хъæццулы бынæй. — Мæ зæрдæ йæ зоны: цæугæ акодта! Бынтондæр ацыд, йе та рынчын фæци,.кæнæ, æвæццæгæн, амарди!.. — Æрхъуыды кодтай! Цавæр мард у! Адæм афтæ тагъд куы мæликкой, уæд æз æмæ ды дæр æгас нал уаиккам. Фæлæ ма дын цы зæгъынмæ хъавыдтæн!.. Абон Къекъейы федтон: Кбача, дам, а дыууæ боны æрбацæудзæн... 181
— Æмæ куы æрбацæуа, уæд цы? — Æрбацæудзæн æмæ... Кбача хорз лæппу у. Со- лойæ бирæ хуыздæр! Æрыгондæр, бирæ рæсугъддæр... Нæ дæ фæнды Кбачайы фенын?.. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы?.. — Цы дзы кæнын? Æппындæр мæ ницæмæн хъæуы! — Гъемæ хорз, хорз! Дæхи куыд фæнды, афтæ! Соломæ банхъæлмæ кæс! Фендзынæ — райсом кæнæ иннæбон æрбацæудзæнис, æнæмæнг. Цæй, бафынæй уал у, мæ зæрдæдарæн! Бафынæй у! Кæрчытæ дыккаг уаст ныккодтой, афтæ Тома æмæ4 Тинæ, хъыгзæрдæ æмæ хуыссæгхъуагæй сæ цæстытæ æрцъынд кодтой. Цалдæр боны ма рацыд, æмæ уæд иу поездæй То- мамæ писмо раппæрстой. Тома йæ æрдæгдзæфтæй ба- каст æмæ базыдта: Соло горæты фæрьщчын и, хуыссы æфсæнвæндаджы рынчындоны. Писмо æндæр кæйдæр фыст уыди. Солойы фæрынчыны хабар зæрондæн иуырдыгæй æхсызгон уыд. «Æгайтма хъуыддаг афтæ рауад. Ны- ры адæм цы нæ бакæндзысты. Чызгæй фæхынджылæг кæнынц, стæй йæ ныууаДзынц. Фæлæ ныр Соло куы рабада, уæд æнæмæнгæй фæстæмæ æрыздæхдзæн», — хъуыды кодта Тома æмæ йæ чызгæн зæрдæтæ æвæ- рын байдыдта: — Нæ дын загътон, нæ, дæ мойаджы ардæм хъæуы, зæгъгæ! Рынчын, дам, у, мæнæ афтæ фыссынц. Адзæ- бæх уыдзæн æмæ æрцæудзæн. Ды та афтæ æнхъæлд- тай, æмæ... — Соло рынчын у? О, хуыцау! Фæрынчыни! Рын- чындоны хуыссы! Сдзæбæх уыдзæн æмæ æрбацæу- дзæн... Стæй... Фæлæ йын цы бæрæг ис? Æмæ куынæ- уал сдзæбæх уа, уæд та? Соло дæр Тинæйы хуызæн иунæг у. Æвæгæсæг. Дон нуазын æм куы цæуа, уæд ын дон авæрæг нæ уыдзæн, йæ хъæццул ын ничи адзæбæхтæ кæндзæн, зæрдæлæу- уæн ныхас никæмæй фехъусдзæн. Нæ, нæ, Тома! Ти- нæйæн мæнг зæрдæтæ ма æвæр, Соломæ дохтыртæ зи- лынц, æвæгæсæг нæу, зæгъгæ. Æниу æм дохтыр æцæ- гæй куы зила æмæ йæм рынчындоны кусджытæ куы ’зилой, уæддæр цы? Уыдон æцæгæлæттæ сты. Соломæ 182
Тинæ, йæ усаг, йæ бинойнаг куыд зæрдиагæй кæсдзæн, афтæ зæрдиагæй йæм æцæгæлон дохтыр цæмæн кæса? Нæ,нæ, Тинæйы цæуын хъæуы горæтмæ, æндæр гæнæн нæй! — Цытæ дзурыс, мæ хъæбул? Кæдæм ацæудзынæ? Кæмæ? Зонгæтæ дæр нын дзы куы нæ ис, дæ развæн- даг куы нæ уыныс. — Æмæ уæд та, баба, ды дæр мемæ рацу! Аласдзы- нæ мæ? Æрмæст тагъддæр! Тæккæ абон! Ацы минут!! Нæ! Томайæн йæ куыст дзæгъæл ныууадзæн нæй: йæ бынатæй йæ сисдзысты, цы бахæрой, уый сын нал уыдзæн. — Æмæ уæдæ куыд? Афтæ йæ ныууадзæм? Ахæм сахат куысты мæт чи кæны? Соло рынчын у, рынчын, куыннæ йæ æмбарыс? Цы йыл æрцæудзæн, уымæн цы бæрæг и? Чи зсшы, æппындæр мауал рабада. Стæй... Тинæйæн Соло куынæуал уа, Тинæ идæдзæй куы баз- зайа, уæд ма хæринагæй цы кæны! Ахæм хъæбæрзæр- дæ æнхъæл дын нæ уыдтæн, баба. Дæуæн дæ риуы зæрдæ нæ, фæлæ дур ис!.. Дур!.. Зæгъæм, Тинæйы мад искуыдæм ацыд æмæ фæрынчын ис, уæддæр афтæ загътаис: цæуынмæ мæ не ’вдæлы, сдзæбæх уыдзæн æмæ йæхæдæг æрбацæудзæн, зæгъгæ? Нæ йæм ацы- даис? Цæуылнæ исты дзурыс? Уæдæ Тинæйы дæр Со- ломæ нæ уадзыс æмæ дæхæдæг дæр нæ цæуыс? Гъемæ цы кæны! Фæуæд афтæ. Æз ницуал зæгъын. Уыныс, æз кæугæ дæр нал кæнын. Мæсты ма кæн, ма мæм хæц! Тинæ иуцасдæр рæстæгмæ æрсабыр и. Уырны йæ: Соло иу-дыууæ къуыримæ адзæбæх уыдзæн æмæ æр- цæудзæн. Æрласдзæн ын аргъауæн зæлдаг къаба, бæр- зонд-зæвæт туфлитæ, аргъауæн къухдарæн, чихтико- пи1, багдади2, алыхуызон адджинæгтæ. Раст уыцы изæр Тинæйы раз æрлæууыдис иу сæ хъæуккаг лæппулæг. — Дæ бон хорз, Тинæ! Тинæ уайтагъд Къекъейы фырты йæ хъæлæсæй ба- зыдта. > 1 Чихтикопи — сæрыл кæнгæ рог тæлыгонд, сылгойма- джы фидауцы дзаума. 2 Багдади — стыр зæлдаг кæлмæрзæн. 183
— Æгас цу, Кбача! Лæппу йæ фарсмæ æрбадт, зæрдæхæлар фæрещтæ йæ райдыдта. Тинæ йын лæвæрдта уазал дзуаппытæ. Кбачаимæ ныхас кæнын ын фыццаджы хуызæн !эех- сызгон нал уыд. — Тинæ, мой кæныс, зæгъгæ, фехъуыстон. Уый æцæг у? — бафарста Кбача. ♦ — Æцæг у. Цæмæн мæ фæрсыс? — Уæдæ æз байрæджы кодтон? — Байрæджы кодтай. — Æмæ дæ мойаг чи у? — Горæтаг лæппу. Соло Качарашвили. Ныр хъуа- мæ тагъд саргъаудзыстæм æмæ горæты æрцæрдзыс- тæм. — Æмæ дæуæн та горæты цæрынæй хъæуы цæры- нæй цы уæлдай и? — Цæуылнæ мын ис уæлдай? Соло афтæ зæгъы, горæты, дам, дæ цæстытæ дохтыртæн фенын кæндзы- нæ, æмæ дын кæд исты баххуыс кæниккой... -—* Чи зоны. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, адæймаг фынд- дæс азы куырмæй фæцард æмæ йæ дохтыртæ ракæсын кодтой, зæгъгæ, æз ахæм хабар никуыма фехъуыстон... Соло ныр кæм и? — Соло горæты ис: рынчын у. Кбача, иу хъуыддаг дæ курын, шени чъериме. Горæтмæ мæ акæн. Солойы ссарынæн мын баххуыс кæн, æмæ дæ дзыхæй цы зæгъай, уый бакæндзынæн! Бирæ фæлæгъстæ кодта Тинæ Кбачайæн, йе ’фцæ- джы-иу ныттыхсти, куы йæм худгæ кодта, куы-иу йæ цæссыг æруагъта. Фæлæ Кбачайæн гæнæн нæ уыд: райсом хъуамæ фæстæмæ Сураммæ ацæуа. Æцæг ын зæрдæ æвæрдта: иу къуырийы фæстæ йе ’мгъуыд фæуыдзæн, йæ мызд райсдзæн, фæстæмæ æрыздæх- дзæн æмæ уæд дыккаг бон Тинæйы горæтмæ акæн- дзæни. Тинæйæн уыцы ныхæстæ хъыг уыдысты. — Ацу ардыгæй. Мæ цуры дæр ма бад! Мæхицæн дæ æфсымæрыл дæр нал нымайын, де ’ххуыс дæр мæ нал хъæуы. Цалынмæ ды Сурамæй фæстæмæ ардæм здæхай, уæдмæ Соло цы фæуыдзæн, уый чи зоны? Цæугæ, мæ цурæй адде у дын куы загътон!.. 184
\ Кбача ацыди. \ Дыккаг бон, куыддæр Боржомæй цæуæг поейд аив- гъйыдта, афтæ Тома Тинæйыл ацинтæ кодта, зæрдæтæ та иын авæрдта æмæ ацыди фæндаг уынынмæ. Йæ къæхты хъæр куынæуал хъуысти, уæд Тинæ фестадис æмæ йæхи цæттæ кæнын байдыдта балцы цæуынмæ. Джиппæйфыст къабайы мидæгæй хæдон скодта, йæ сæрыл кæлмæрзæн æркодта, хъулон хæцъилы гæппæлы хæринæгтæ абаста: уæдæ йæ моймæ рынчындонмæ аф- тидкъухæй куыд бацæуа! Тома йæ капеччытæ æфснай- дæй кæм дардта, уый дæр зыдта. Æхца систа, йæ къух- мæ уисы саст райста æмæ рельсыты иувæрсты араст, йæ фæдыл та—сæ куыдз. — Хъуырхъуыр, кæдæм? Ацу нæхимæ! — фæхъæр кодта 1инæ куыдзыл. Фæлæ Хъуырхъуыр ,йæ хæлары хъæртæй нæ тæр- сы. Æрмæст иуцъус фæлæууы, йæ сæр дæлæмæ æруа- дзы, къæдзил атилы æмæ та дарддæр фæндаг-фæндаг араст вæййы йæ куырм хицауы фæдыл. йæ фæндаг нæ уыны Тинæ, афтæмæй сабыргай цæуы уырдыгмæ, дæле уæлæмæ та пыф-пыфгæнгæ поезд ссæуы. Тинæ иуварс алæууыд æмæ, вагæттæ куы аивгъуыдтой, уæд та дарддæр араст и. Дыууæ сахаты фæстæ хъуамæ æрбацæуа Батумы поезд. Бирæ фæцыди Тинæ къуырццытæ æмæ цудтытæгæн- гæ. Мæнæ йæм чидæр дзуры: — Кæдæм цæуыс, хорз чызг? — Горæтмæ. Горæтмæ цæуын. Ды чи дæ? Дæ хор- зæхæй, ныр æз кæм дæн? Билеттæ кæм фæисынц? — Цом, æз дын феххуыс кæндзынæн! Æнæзонгæ лæг ын йæ къухыл ахæцыд æмæ йæ стан- цæмæ акодта. — Хорз чызг, дæхи мын бацамон. Кæй чызг дæ? — Томайы чызг. — Нæхи Томайы? Тинæ дæ? Æмæ... иунæгæй кæ- дæм рацыдтæ? Горæтмæ? Æмæ... Тома йæ ;зоны? Иу- нæгæй дæ куыд рауагъта? — Зоны! — йæ цæргæ-цæрæнбонты фыццаг хатт мæнгныхас загьта Тинæ. — Рауагъта мæ. йæхи не 185
’вдæлы. Æз мæ мойагмæ цæуын, — исты амалæй й^ ссардзынæн!.. Лæг æй поезды сбадын кодта, кæмæндæр баф&- дзæхста: ! — Георги, дæ хорзæхæй, ацы чызгмæ-иу фæкæс. Горæтмæ куы бахæццæ уат, уæд æй рахизын кæ æмæ йын фæндаг бацамон. Мацæмæй йæ бафхæр: нæхи Томайы чызг у. Поезд араст и. Хъуырхъуыр цы фæци, уымæн Ти- нæ ницыуал базыдта. Георги, зæгъгæ, кæй хуыдтой, æмæ Тинæйы кæуыл бафæдзæхстой, уый æдзæсгом лæг разынд. Цалынмæ фæндагыл уыдысты, уæдмæ Тинæйы æнцад нæ уагъта, æнæфсарм ныхæстæ йын кодта, фæлæ поезд куы ныл- лæууыд, уæд афардæг. Куырм чызджы иу чидæр плат- формæмæ рахæццæ кодта æмæ та уый дæр фæцы- дæр ис. Паровозты æхситт, дзæнгæрæджы цæгъдын, бирæ адæмы къæхты хъæр, горæты дзолгъо-молгъо, гыбар- гыбур. Тинæйы куы иуырдыгæй скъуырынц, куы иннæр- дыгæй. — Баххуыс мын кæнут, исчи мæ ахæццæ кæнæд,— лæгъстæ кæны куырм чызг, уыцы æнахуыр хъомпал адæмы æхсæн цы ^кæна, уый нал зон’Ы. Адæмы уынæр чысылгай къаддæр кæнын байдыдта. — Уæ хорзæхæй, исчи мын фæндаг бацамонæд! — ногæй та сдзуры чызг, йæ рæзты чи фæцæйцæуы, уы- донмæ йæ къух бадаргь кæнгæйæ. — Цы дæ хъæуы, хорз чызг? Кæй агурыс? — ба- фарста йæ иу лæг. — Хуыцауы тыххæй, баххуыс мын кæ! Мæ мойы агурын! — Æмæ чи у дæ мой? Цы хуины? Кæм и? — Соло хуины, генацвале, Соло. йæ дыууæ къа- хæй дæр къуылых. Æфсæйнаг фæндагыл куыста. Ныр фæрынчын. — Гъей, бичъотæ!1 Солойы уæ ничи зоны? — ба- фарста уыцы лæг. 1 Б и ч ъ о — лæппу (сидæн хауæны). 186
Алырдыгæй æрбайхъуысти худын, хъазæн ны- хæстæ: — Æз æй зонын: дуканигæс у! — загъта иу. — Цырыхъгæнæг! — бафтыдта иннæ. — Нæ районы комиссар! — ныххудти æртыккаг. — Нæ, генацвале, нæ!—дзуапп сын радта Тинæ. — Кусæг у. Хуымæтæджы кусæг! — Ныууадзу1 æй. иу ран! — фæхъæр кодта но- джыдæр иу чидæр æмæ Тинæйы дæларм бацыди. — Цом мемæ, цом! Æз дæ лæгимæ зонгæ дæн. Цом, мах æй ссардзыстæм! «Ай цы хорз адæймаг у! Хуыцауы уарзон, зæр- дæхæлар! Ацы æлгъыстаг горæты дæр, уæдæ, раст адæмтæ кс. Тома мын-иу арæх дзырдта, ам æрмæст къæрныхтæ æмæ æгæнон адæм цæры, зæгъгæ». Фæцыдысты бирæ, куы-иу иуырдæм, куы иннæрдæм базылдысты. Стæй-уæд иу цавæрдæр кæртыл уатмæ бацыдысты. — Абон нын рынчындонмæ нал бантысдзæн, бана- фон и. Æрбад, дæ фæллад суадз! Лæг цъил фестад, Стъолыл хæринæгтæ æвæры, ныхас кæны. Тинæйы бафарста, чи у, кæцæй æрбацыд, уыдæттæй, йæхи дæр бацамыдта. — Цæй, ныр иучысыл истытæ ахæрæм. Мæнæ ар- дæм рацу. Сбад. Афтæ, гъе!.. Мæнæ дын дзул. Мæнæ • цыхт... джитъритæ... Мæнæ ам та кæсаг. Ахæр, æф- сæрмы ма кæ, фæндагыл сæххормаг уыдаис... Мæнæ- ма иучысыл сæн дæр ануаз! Бадынц, хæрынц, ныхас кæнынц. Лæг бады Тинæ- йы фарсмæ: цыма йын чысыл сывæллон у, уыйау æм йæ цæст дары, йæ разы йын хæйттæ æвæры, хъæлдзæг ныхæстæ йын кæны. Хæрд куы фесты, уæд æй тъахтиныл сбадын кодта æмæ йын уæд хъæбыстæ, пъатæ кæнын систа. Арахъхъ, тамако æмæ хиды тæф Тинæйæн йæ улæфт ахгæнынц. Чызг æй йæхимæ нæ уадзы, лæгъс- тæ йын кæны: — Дæ хорзæхæй, ма мæм æвнал! Мæнæн лæг ис! Макæ! Суадз мын мæ къух! Нозтджын лæг æппындæр йæхи нал æмбары, би- рæгъау æм фæлæбурдта. 187
— Баххуыс мын кæнут! Баххуыс мын кæнут! — ныхъхъæр кодта чызг æмæ йæхи атыдта. Уаты фыццаг ахауд бандон, стæй уæд авджын дзауматы дзыгъал-мыгъул ссыд... Тинæ уыцы пыхцыл- сæрæй йæ къухтæ бахаста иу къулмæ, стæй иннæ къул- мæ, æппынфæстаг дуар ссардта æмæ федде ис, кæрт- мæ разгъордта. 4 — Баххуыс мын кæнут! Хорз адæм, чи ис ам? Баххуыс мын кæнут. — Чызг, æмæ ды чи дæ? Ацы кæрты дæ цы хъæ- уы? — фехъуыстис æм зæронд усы дзурын. — Уынгмæ мæ ахæццæ кæн ардыгæй! Дæ хор- зæхæй! — йæ цæссыг калгæ ныллæгьстæ кодта Тинæ... Ус æй уынгмæ ахæццæ кодта æмæ йæ ныууагъта... — Гъей, хабарда! — фæхъæр ласта файтонтæрæг: чысыл ма бахъæуа, Тинæ цæрдæг бæхты къæхты бын ма фæуа. йæ тæккæ хъусы раз цыдæр ныууасыд, æмæ чидæр бæзджын хъæлæсæй сдзырдта: — Куырм бадæ æви? Сæрхъæн! Тинæ йæхи иуварсмæ аппæрста æмæ æваст фæуро- мæг автомобилыл йæхи скъуырдта. — Æз куырм дæн! Куырм! Исчи мын баххуыс кæ- нæд! Адæм ыл амбырд сты. Чидæр ын йæ къухыл ныххæ- цыдæмæ йæ тротуармæ ракодта. Алырдыгæй фæрсын- тæ систой: Чи у? Йæ ном цы хуины? Кæцон у? Горæты цæмæн ис? Кæд æрбацыд? — Цом мемæ! Рацу! Æз дын баххуыс кæндзы- нæн! — загъта иу лæг. Нæ, Тинæ нæлгоймагыл нал баууæнддзæн: уыдон се ’ппæт дæр хæлд сты. Алчидæр Тинæйæ фæхынджы- лæг кæнынмæ хъавы. Никæй фæдыл ацæудзæн, йе ’хсæв ам уынджы арвитдзæн, машинæйы бын куы фæуа кæнæ сыдæй куы мæла, уæддæр: афтæ фæхуди- наг уæвыны бæсты фæлтау амæлыныл сразы уыдзæн. Тинæ иу хæдзары къулы æнцой слæууыд. Йæ цæс- сыг калы. — Чызг, дæмæн кæуыс, цæ? Мачи йæм дзурæд! Ныууадзæнт æй! Тинæ нæ зæгъ- дзæни йæ ном дæр, кæцон у, кæй агуры æмæ кæм 188
цæры, уый дæр. Мачи йæм цæуæд хæстæг: ницæмæн æй хъæуынц сæ ныхæстæ дæр æмæ сæ дзæбæхтæ дæр. Æппынфæстаг фехъуыста сылгоймаджы дзурын: — Чызг, кæугæ цæмæн кæныс? — Уый мæ мард фенæд, мæнæн чи нæ феххуыс кæ- на! Шени чъериме! Æз дæ мад, дæ фыды уазæг! — æмæ, йæ дыуугз къухæй дæр усыл фидар хæцгæйæ, йæ хабæрттæ тагъд-тагъд дзурын байдыдта. Ус ын йæ цонгыл ныххæцыд, йемæ йæ акодта, зæр- дæхæларæй йын дзуры: — Мæгуырæг. Ныр зыбыты иунæгæй горæтмæ цы зæрдæйæ рацыдтæ? Ахæм æрыгон уæвгæйæ, æнæзонгæ нæлгоймæгтыл куыд баууæндыдтæ? Æмæ куыннæ: куырм дæ, фæлæ тынг хæрзконд, стæй цæсгомæй дæр рæсугъд. — Нæ зонын, генацвале! Фæрæдыдтæн. Ахæм бæл- лæхтæ мыл сæмбæлдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ рараст дæн. — Уæхицæй кæй рараст дæ, уый дæр ма гъа... Фæ- лæ стыр горæты иунæгæй куыд рацу-бацу кæнынмæ хъавыс? Мæнæ ауылты рацу, кæннод хауыс: асинтæ дзы ис. Ныр та рахизырдæм! Мæнæ нæ фатер дæр. Мидæмæ, тæрсгæ ма кæн! Уатмæ бацыдысты, сбадын æй кодта. Чысыл фæс- тæдæр ын йæхи цæхсын кодта, цай бацымдтой. Но- джыдæр ма йæ афæрстытæ кодта, стæй йын загъта: — Цæй, ныр уал схуысс. Дæ лæг Соло ам хъуамæ уа. Райсом æй ссардзыстæм. — Бузныг. Кæй хæдзары дæн, уый мын уæддæр зæгъ. — Мæ ном Мариам хуины. Бæстондæрæй дын мæхи райсом бацамондзынæн. — Мариам? Мæ мад дæр афтæ хуынди. Æгайтма мын æй загътай. Хуыцау мæ амарæд, æз искуы ацы дзæбæхдзинад куы ферох кæнон. Ахæм æдзæсгом нæ дæн, æмæ... — Хорз, хор1з! Арфæтæ мын уый фæстæ кæндзынæ, мæнæ Солойы куы ссарæм, æмæ ды дæ цæстæй’куы ракæсай, уæд. Ныр та уал схуысс æмæ бафынæй у! Фæллад Тинæ уайтагъд бафынæй ис. Райсомæй та йын Мариам йæхи ныхсын кодта, йæ 189
сæр бш ныффаста, бахордтой æмæ араст сты. Бирæ фæрацу-бацу кодтой æмæ æппынфæстаг иу агъуысты размæ бацыдысты. — Соло Качарашвили ам ис?—бафарста Мариам* — Ам!—’дзуапп ын радта нæлгоймаджы хъæлæс. Тинæйы зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. — Мах æм рынчынфæрсæг æрбацыдыстæм. Мидæ- мæ йæм бацæуæн ис? Агъуысты дæр та бирæ фæцыдысты. Куы-иу иуыр- дæм базылдысты, куы иннæрдæм, асинтыл уæлæмæ ссыдысты æмæ уæд иу ран æрлæууыдысты. Тинæ хъусы æнæзонгæ адæймаджы дзурын: — Мæнæ гъе ацы уаты! Уартæ уыцы сынтæгыл. Иуцъусдуг сыбыртт дæр нал хъуысти. Фæлæ мæнæ Тинæ, йæ къухтæ размæ даргæйæ, мынæг хъæлæсæй сдзырдта: — Соло! Соликъо! Кæм дæ, кæм? Æмæ йæм уæд йæ тæккæ цурæй фехъуысти: — Тинæ! Тиникъо! Тинæ сгаргæ-сгаргæ Солойы къухтыл фæхæст æмæ кæугæ-худгæйæ йе ’фцæджы ныттыхсти. Даргъ бадæныл бадынц æртæйæ, ныхæстæ кæнынц. Тинæ Солойæн йæ тухитæ æмæ йæ мæстытæ куы ра- дзырдта, уæд лæг фырмæстæй рафыхт, фæлæ чысыл- гай æрсабыр æмæ загъта: — Уарзондзинад, æвæдза, цы диссаг у! Куырм сыл- гоймаг стыр горæты рацу-бацу кæны! Ныр ацы хорз усыл куы нæ сæмбæлдаис, уæд дæ хъуыддаг куыд рауадаид? Тинæ йæ ног зонгæйы æрбахъæбыс кодта: — Мариамыл кæй сæмбæлдтæн, уый мæ амонд уыд. йæ дзæбæхтæ йын мæ амæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæндзынæн æмæ, кæд хуыцау зæгъа, уæд ын сæ мæ уæлæ дæр нæ ныууадздзынæн. — Æз дын дзæбæх уæд фæуыдзынæн, æмæ ды дæ цæстытæй куы ракæсай, — дзуапп радта Мариам. — Æцæг, æцæг! — сдзырдта Соло дæр. — Æгайт- ма æрбацыдтæ! Цы ма йæ æргъæвæм фæстæдæрмæ? Цом æмæ дын дохтыр ныртæккæ дæ цæстытæ фена. Тинæ базыр-зыр кодта. 190
— Мæ зæрдæлæууæн, Соликъо! Генацвале! Куы мæ ферох ис! Акæн мæ дохтырмæ! Кæм и, чи йæ зоны?.. Чидæрсын феххуыскодта,дохтыримæ бадзырдтой. Чысыл фæстæдæр Тинæйæн йæ цонгыл ныххæцы- дысты æмæ йæ кæдæмдæр акодтой. Дохтыр æй бгндоныл сбадын кодта, йæ цæстытæ йын федта æмæ йæ рафæрс-бафæрс байдыдта: — Исты уыныс?.. Æппындæр ницы?.. Рагæй нал уыныс?.. Уæдæ, уæ хæдзары бинонтæй куырм ничи уыд, зæгъыс?.. Дохтыр ын йæ рус рæвдауæн сæрфт æркодта: — Цæстытыл хæрв сбадт, Раздæр сæм базилын хъуыд, фæлæ ницы кæны... сдзæбæх сæ кæндзыстæм. Тæрсгæ ма кæн!.. Тинæ баззади рынчындоны. Рацыдис дыууæ боны. Æртыккаг бон райсомæй Ти- нæ цай куы бацымдта, уæд æй акодтой. — Дæ райсом хорз, Тинæ! — айхъуыста дохтыры дзурын. — Куыд дæ? Ам дæм махмæ куыд фæкасти? — Бузныг, дохтыр! Тынг хорз!.. — Гъемæ хорз, уæдæ. Дæ цæстытæй куы ракæсай, уæд та дæм ноджы хуыздæр фæкæсдзæнис. Цалынмæ йын йæ уæлæ цавæрдæр дзауматæ код- той, уæдмæ йын дохтыр ныфсытæ æвæрдта: — Тæрсгæ мацæмæй кæн: рисгæ дын нæ кæндзæн. Фидар фæлæуу! йæ сæр ын фæстæмæ акодтой, йæ къухтыл ын ных- хæцыдысты... йæ галиу цæсты рыст банкъардта... дыккаг хатт... ноджыдæр та... æмæ æвиппайды... Барызти, æнахуыр хъæлæсæй фæхъæр кодта: — Уынын! Уынын, уынын!!! — Хуыцау, дæуæй бузныг! — сулæфыди, дохтырæн чи æххуыс кодта, уыцы сылгоймаг. — Уынын! Уынын! Соликъо, кæм дæ? Баба! Рухс федтон! — тагъд-тагъд дзуры Тинæ. — Фæлæуу! Иучысыл ма фæлæуу! Сабыр! — цин- гæнгæйæ Тинæйы сабыртæ кæны дохтыр, иннæрдыгæй та йын афтæ дзуры: — Байгом кæ дæ цæстытæ! Бай- гом кæ дæ цæстытæ! 191
Боны рухс сæмбæлди Тинæйы цæстыл. Стыр цин, стыр æхсызгондзинад сæвзæрд зæрдæйы. Цæстыхаутæ фезмæлын кодта æмæ федта агъуысты урс къул, урс- цъар, урсдарæсджын дохтыры, йæ сау сæрыхъуынтæ, йæ урс боцъо, йæ худгæ былтæ, йæ ирд цæстытæ... Дохтырмæ йæхи ивазы, йæ цонгмæ йын бавналынмæ хъавы. — Дæ рын бахæрон, дохтыр, генацвале! Зæгънма мын, бамбарын мын æй кæ! Уый цы у? Йæ хуыз ца- вæр у? Уыцы хуыз цы хуины? — Урс! Урс!.. Ноджыдæр ма дæ цæст байгом кæ! Тинæ ныр зоны, урс хуыз цавæр у, уый, зоны йæ. Ноджыдæр та дохтырмæ йæхи ивазы, амоны йын йæ сау æрмкъухмæ: — Мæнæ уый хуыз та цы хуины? — Уый? Сау... Фæлæуу, бауадз уал мæ! Йæ къух- тыл ын хæцут!.. Дæ цæст байгом кæ, байгом æй кæн! Сау дæр та уал базыдта Тинæ. Æрмæст гъеныр бамбæрста йæ фыды ныхæстæ дæр: «Сау — уый ды ныртæккæ цы уыныс, уый у»... Тинæ æппындæр ницы уыдта... Рухс дуне йын саутар пæлæзæй æмбæрзтуыд. Уæдæ, сау дзауматæн сæ хуыз гъеахæм вæййы? Иу минуты бæрцмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ та саутар æхсæвы аныгъуылдис. йæ цæстытæ байгом кодта — уыны урс къул, урсдарæсджын дохтыры, йе ’нцъылдтæ ных, йæ урс боцъо. — Ныртæккæ! Иу хатт ма!.. Ноджыдæр!.. Ма змæл! — зæрдиагæй кусгæйæ, дзуры дохтыр. Цæстыл бæмбæг æрæвæрдта. — Цæй, ныр та иннæмæ æркæсæм! Тинæ та рыст бамбæрста, сындæггай схъæр кодта, фæлæ дзы уайсахат йæ рыст айрох. — Уынын! Уынын! Ацы цæстæй дæр уынын! Дох^ тыр, дæ сызгъæрин къухты тыххæй æз хъуамæ мæ уд дæр раттин! Стыр бузныг! Дохтыр ын йæ дыууæ цæсты дæр бабаста, рабадын æй кодта æмæ йын, ныййарæг фыд йæ хъæбулæн куыд фæзæгъы, афтæ загъта: — Цæй, мæ хур акæнай, Тинæ! Ацы бон дæ макуы ферох уæд. Абон ды дыккаг хатт райгуырдтæ. Цин кæ- 192
ныс æви нæ? Нæ кæныс?.. Цы кодтай, Тинæ? Цы кæ- ныс, хорз чызг? — Абоны-бон мæнæй куыд ферох уыдзæн? Куыд?.. Ды мæнæн... æз... Чызгæн йæ зæрдæ суынгæг... Базыр-зыр кодта, дох- тыры къухтыл фæхæст, йæ сæр ын йæ риуыл бакъул кодта æмæ скуыдта... Иуæндæс боны фæхуыссыдис Тинæ рынчындоны йæ цæстытæ бастæй. Дыууадæсæм бон та йæм дохтыр фæсидти æмæ йын загъта: — Абон дын, Тинæ, хъуамæ дæ цæстыты баст сыхалæм. Æгъгъæд у. Уæхионтæ дæр ам сты: кæрты дæм æнхъæлмæ кæсынц... Цæй-ма, уæдæ! Иу... дыу- уæ... æртæ! — æмæ йын йæ цæстыты баст æвиппайды ратыдта. Тинæ джихæй баззад, цы кодтаид, уый нал зыдта. Хуыссæнхъæлдзæг адæймаджы хуызæн йæ цæстытæ аууæрста, худæнбылæй йæ цæст ахаста уатыл, рудзын- гæй йæм цы арвы гæбаз зындис, ууыл, дохтыры цин- хуыз цæсгомыл, сылгоймаг-ассистентыл, медицинон хойыл. — Алцыдæр хорз уыныс, нæ? — ’бафарста йæ дох- тыр. — Хорз! Бузныг! Хорз, фæлæ... фыццаг хатт куы ракастæн, уæд алцыдæр цыма мæ цæсты раз къæх- тæ-хæрдмæйæ зилдух кодта, ныртæккæ та алцыдæр йæ бынаты ис: уæле цар, ды мæ комкоммæ, дæ цæс- гом дæр йæхи бынаты. Дохтыр ын къулмæ ацамыдта: — Уæртæ уый хуыз цавæр у? — Урс. Тинæ йæхæдæг дæр урс-урсид, йæ мидбылты æна- хуыр худт кæны. — Мæнæ уый та? — Сау. Сылгоймаг-ассистент йæ цæсгоммæ бацамыдта: — Мæнæ уый та? — Уый?..—Æмæ æваст йæ зæрдыл æрбалæууыд:— Буархуыз! Буархуыз! — Хорз сæ базыдтай! — загъта дохтыр æмæ ру- 13 Райдзаст Гуырдзыстон 193
дзынг байгом кодта. — Ныр-ма ардæм рацу, Тинæ! Рауай-ма! Тинæ йæ -къухтæй рудзынджы бынвæйнæгыл æрæн- цой кодта æмæ æддæмæ акаст. Комкоммæ йæ цæстыты раз уыди адæмæй æмыз- мæлдгæнæг уæрæх уынг, дарддæр — горæты иннæ хæйттæ, хæхтæ. — Уый цы у? Ва! —■ джихтæгæнгæ фарста Тинæ æмæ та-иу йæ цæстытæ асæрфта. — Цы сты, цы, уы- дон? Дохтыр ын йæ къухмæ бавнæлдта. — Уæлæ уый арв у! — зæгъгæ, йе ’нгуылдзæй ба- цамыдта уæлæмæ. — Нæ, арв нæ, фæлæ æрвхуыз! — æрбалæууыдис Тинæйы зæрдыл. — Уæлæ арвыл урс уыныс?.. Уыдон та æврæгътæ сты: уыдон куы нæ уой, уæд нæдæр къæвда æруар- дзæн, нæдæр мит. — Кьæвда æмæ мит?.. Æз та афтæ æнхъæлдтон, æмæ... Æмæ Тинæйæн йæ зæрдыл æрбалæууыдис сохъхъыр уæйыг, йæ сасиртæй-иу дон чи луæрста æмæ зæхх бæм- бæгæй чи æмбæрзта, уый... Тинæ дохтырæн хæрзбон загъта, æмæ медицинон хоимæ рацыдысты. Фæндагыл-иу алцæмæ дæр æдзы- нæг бакаст, дистæ кодта æмæ та-иу афарста: — Уый та цы у?.. Куыд хуины?.. Мæнæ уый та цæ- мæн хъæуы? Бирæ адæм кæм уыдис, ахæм стыр залмæ куы ба- цыдысты, уæд та Тинæ аджих, фæлæууыд. Фæйнæр- дæм кæстытæ кæны, алкæуыл дæр йæ цæст ахæссы. Уалынмæ йæм алырдыгæй æрбайхъуысти цалдæр адæймаджы дзурын: — Тинæ! — Тиникъо! — Мæ хъæбул! Æртæ нæлгоймаджы æмæ йæм иу ус бауадысты, хъæбыстæ, пъатæ йын кæнынц. Се ’ппæты дæр базыд- та сæ дзурынæй. — Баба! Баба!.. Соликъо! Уый ды дæ?.. Кбача, ды 194
дæр ам дæ?.. Мариам — мæ мады хай, мæ ирвæзын- гæнæг! Уæдæ, мæнæ ай Тинæйы фыд Тома у. Мæнæ ацы цола, æфхæрдхуыз, урссæр зæронд лæг, скъуыдтæ дарæсы. Мæгуырæг баба! Æнамонд Тома!.. Хæстæгдæр æрбалæу дæ чызгмæ! Ноджыдæр иу хатт ахъæбыс кæ дæ мæгуыр Тинæйы! — Хуыцæутты хуыцау! Мæнæ мыл цы цины бон скодта!.. Мæнæ цы амондджын дæн! — дыбал-дыбул кæны Тома, йе ’нцъылдтæ цæсгомыл цины цæссыгтæ сæрфгæйæ. Цыппарæй дæр йæ алыварс лæууынц. Цины хъæр- тæ, уынæр, — Тинæйæн ма йæ сæр дæр разылд. Сæ фæрстытæ, дзуаппытæ æмæ арфæйы ныхæстæ йæ сæры магъзы сиу сты мыдыбындзыты гуыв-гуывау. Цалын- мæ сæ алкæмæ дæр йæ сæрæй йæ къæхты онг лыстæг не ’ркаст, уæдмæ сын сæ ныхæстæм дзæбæх байхъу- сын йæ бон нæ уыд. Мæнæ йæ цæст æрæвæрдта дыууæ нæлгоймагыл—æмæ дарддæр алæууыд. Сæ иу ныллæг- гомау, ацæргæ, гуыбыр, сыгъдцæсгом фыдцъылыс Со- ло æмæ æрыгон, хæрзконд, уындджын лæппулæг Кбача. — Рæсугъд æмæ фыдынд. Гуырвидауц æмæ цæн- куылтæ. Æрыгон æмæ зæронд. Абон сæ дыууæйы дæр уыны фыццаг хатт, йæхи цæстæй. Уый йын у стыр ци- ны хос. Фæлæ уадидæгæн йе ’рыгон зæрдæйыл уæззау дур æрфæлдæхт, дунейы рухс нырма ныр чи федта, уыцы æрыгон удæн йæ цин фæтар. О, хуыцау! Цæмæн дæ афтæ бафæндыд, цы стыр хорз мын ракодтай, уымæ ма мын ахæм маст цæмæн бафтыдтай? * Тинæ, Тома, Соло æмæ Кбача бадтысты Мариамы уаты. Ныхæстæ кодтой. Мариамы сывæллæттæ Тинæ- йыл амбырд сты, æмæ агъуыст уынæрæй, дзолгъо- молгъойæ байдзаг. Тинæ бафæллад æмæ ныхъхъус. Цалдæр сахатмæ цы алы диссæгтæ федта æмæ йæм цы ног хъуыдытæ æрцыд, уыдон йæ сæры сæмхæццæ сты. йæ цæстытæ бацъынд кодта. — Цæй, Тинæ! Æз æмæ уал Тома горæтмæ цæ- 195
уæм! — хæр-хæргæнаг хъæлæсæй загъта Соло. — Мах уым афæстиат уыдзыстæм. Æмæ уал ды баулæф: æвæццæгæн, тынг бафаэлладтæ. Сихор хæрыны афон- мæ æрбаздæхдзыстæм, стæй уæд иумæ ацæудзыстæм горæт уынынмæ, Мариам дæр махимæ. Бирæ цыдæртæ нæ балхæнын хъæуы дæуæн. Тинæ йæ цæстытыл уæлæмæ схæцыд. Йæ цуры лæу- уыдысты Соло æмæ Кбача. Йæ цæстытæ та фæстæмæ æрцъынд кодта æмæ сабыргай сдзырдта: — Хорз. Цæут. — Æнкъард ма кæ, Тиникъо! — фехъуысти йæм Кбачайы зыланггæнаг хъæлæс. — Æз уал ам уыдзы- нæн. Тома æмæ Соло ацыдысты. Мариам архайы сихор цæттæ кæныныл. Йæ сывæллæттæ кæрты портийæ хъазынц. Тинæйы уæрджытæм гæды сгæпп кодта. Тинæ йæ цæстытæй ра- каст, гæдыйы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ æваст скуыдта: — Нану! Мæхи Нану! — Цæмæн кæуыс, Тиникъо? — рæвдауæн хъæлæ- сæй йæ афарста Кбача æмæ йæ фарсмæ æрбадти. — Цæуыл кæуыс, чызгай? Тинæ ницы дзуры, йæ хъарм цæссыгтæ гæдыйыл^ згъæлынц. — Нæ хъусыс æви? Цы кодтай? Стæ-ма, æрбакæс- ма мæм! — æмæ йын йæ къухмæ бавнæлдта. — Ницы кодтон. Ныууадз мæ! — фæхъæр кодта Тинæ; мæстджын кæй уыд, уый йæ хъæлæсы хаттæй бæрæг уыди. Кбача бадис кодта: — Ау, нæ мын æй зæгъдзынæ? Хъæбысгæнæгау йæ къух Тинæйы уæхскыл æрæ- вæрдта. — Ныууадз мæ дын куы загътон! — ноджы мæст- джындæрæй сдзырдта Тинæ. Йæ цонг ын иуварс акъуырдта. Кбача сагъдауæй аззад, йæхимидæг дзурæгау ба- хъуыр-хъуыр кодта: — Цæуыл мæм мæсты дæ, нæ зонын. Цы дын код- ’тон? 196
Тинæ гæдыйы иуварс аппæрста, йæ цæстытæ асæрф- та, фæрсырдæм æм бакаст. Иæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзта, ныккæрзыд: — Куыннæ мæ æмбарыс! Искуы мæ горæтмæ цæ- уылнæ ракодтай? Цы дын уыдаид? — Нæ мæ æвдæлдис. — Нæ дæ равдæлди? Мæн тыххæй дæм иу къуыри фесафын зын касти? Уæдæ Солойы куыд равдæлдис? Уый куыд ссардта рæстæг? — Соло ссардта, фæлæ æз... мæн... уæд мæн уырн- гæ дæр нæ кодта, дохтыр дæ цæстытæн исты феххуыс уыдзæн, уый. —- Æмæ уæдæ Солойы цæмæн бауырныдта? Кбача цы загътаид, уый нал зыдта. Æрмæст ма йе ’нгуылдзтæ æууæрста, йæ къогъодзитæм уырдыгмæ ныккасти. Стæй æваст йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд, Тинæйы къухмæ бавнæлдта æмæ дзурын байдыдта: — Мæ мады номæй дын ард хæрын, Тиникъо, гæ- дыныхас дын нæ зæгъдзынæн! Дæу йедтæмæ мæ никуы ничи хъуыдис. Æнæ дæу мæнæн цард нæй. Кусынмæ та уымæн ацыдтæн æмæ, зæгъын, кæд иучысыл æхца бамбырд кæнин æмæ дæу ракурин. Горæтмæ дæр дæ раластаин, дохтыр дæр дын ссардтаин, сдзæбæх дæ кодтаину." Æз дæ сдзæбæх кодтаин... æз... фæлæ ныр та.:. Ау, ныр байрæджы кодтон? — Байрæджы кодтай! — сдзырдта Тинæ. — Тинæ, æз байрæджы кодтон... Фæлæ, мæ фы- дыстæн, Солойæн ды æвгъау дæ, æвгъау... Тинæ иннæрдæм азылд, йæ цæсгом йæ армытъæ- пæнæй амбæрзта. — Соло дæу дзæбæх фæдарын нæ бафæраздзæн!— дзырдта Кбача. — Солойæн ныр хъуамæ де ’мгар цот уаид, афтæмæй дæу курынмæ хъавы. Уый раст нæу! Тинæ æваст йæхиуыл схæцыд. Кбачайырдæм фæ- зылд æмæ йæ уайдзæфты бын фæкодта: — Æмæ уый мæн аххос у?.. Кæм уыдыстут? Уый æвджид мæ цæмæн ныууагътат? Уый мæн аххос у? Ныр мæ ныууадз! Ацу! — Æмæ уæддæр хуыздæрæн уыцы зæронд гуыл- мызы æвзарыс? 197
— Цæмæн мæ афтæ æфхæрыс?! Солойы гуылмыз æмæ зæронд цæмæн хоныс? Соло... мæнæн... мæ мой... — Дæ мой у æви дæ кургæ кæны? Тинæ йын дзуапп нæ радта. йæ сæр дæлæмæ æр- уагъта æмæ та загъта: — Ацу! — Тинæ! Тиникъо! Мæ уарзон! — Нæ! Нæ! Хæстæг мæм ма æрбацу! Нæ!.. Кбача сæргуыбырæй лæууы, йæ худ æууæрды, йæ- хиимæ ныхасгæнæгау дзуры: — Цы мæ бон у!.. Ацæудзынæн, кæд афтæ у, уæд... Æндæр гæнæн нæй... Хъуамæ ацæуон... æз цæуын... Æмæ стыр зынæн сфæрæзта: —■ Цæй! Хæрзбон, уæдæ! Цы мæ бон у!.. Ды — мæ фыдбылыз! — Дæу фыдбылыз дæр, æмæ мæхи фыдбылыз дæр. Æнда$р гæнæн нæй, — загъта Тинæ. Йæ сæр уæлæмæ систа, фæлæ Кбача агъуысты нал уыд. Тинæ рудзынджырдæм фæкаст. Кбача стыр къах- дзæфтæй кæртыл ахызт æмæ фисынæй фæаууон. «Со- лойы ус» дуарырдæм фæцæйцыд, фæлæ уайтагъд йæ- хи фæурæдта, иннæрдæм фæзылд, йæ армытъæпæнтæ йæ цæстытыл авæрдта. Стæй æваст тъахтаныл бахауд. Ныббогъ-богъ код- та æмæ хæкъуырцгæнгæйæ дзырдта: — Цæмæн байрæджы кодтай, Кбача?.. Афоныл мæм цæуылнæ фæзындтæ?.. Цæмæн, цæмæн байрæ- джы кодтай? Куы мæ бабын кодтай, мæ тæригъæд фæ- хæссай!..
ш&швтзшшт. Лордкшганидзе Накъо АЛЧЕР ЦУАНЫ I — Фæхудинаг нæ кодтой Дзедзилети! Диссаджы аргъуан сарæзтой! — дзурын райдыдта кънйазы ус Теолинæ, адæм иууылдæр стъолы уæлхъус куы æрбад- тысты, уæд; дыууиссæдз боны хистмæ йæ хæдзары хи- цау зынаргъ уазæгæн æрбахуыдта, хист уæлдай кад- джындæр уавæры цæмæй ацæуа, уый тыххæй. — Раст зæгъыс, — дзуапп радта сауджын. —Дард- мæ дæр хорз зыны, мæнæ Парнашвилиты бæстыхæйт- тæй куыддæр ауайай, афтæ разыны. Аив, урс-урсид, рæсугъд кувæндон! — Æниу махæн нæ бон нæ уыд, ног куы нæ уыдаид, уæддæр нæ зæронд аргъуанмæ базилын? Фæлæ йыл чи батыхса? — хъыггæнгæ загъта хæдзары хицау. — Цы бачындæуа, мæ зынаргъ Еквтиме, адæмæн лæгъстæ кæнынæй ме ’взаг стæнæг, суанг ма динамон- гæйæ дæр æдзух уый кой кæнын, фæлæ мын дзы ницы уайы. — Нæ зылды сауджынтæ цуан кæнын æмæ бæхыл хъазын йедтæмæ ницы кусынц, цы хорздзинадмæ сæм банхъæлмæ кастæуа, — райхъуыст, фыдкой кæнын уарзаг дворянин Шикарадзе Габриэлы ныхас. — Мауал æй ныууадзут уыцы цуан! Кæмæн уæ цы зиан хæссы? Æви дины куыст, куыд æмбæлы, афтæ нæ кæнын, йе уæ искæмæн мæ амынддзинад бахæлæг кодтон, йе уæ кæрæдзиимæ нæ бафидауын кæнын æви 199
уын æхсæнылæгæн нæ бæззын? Цас диссаг уæм кæсы, афæдз иу хатт цуаны ауайын æмæ уый? «Афæдз иу хатт нæ, фæлæ бонæн дыууæ цыды!» — йæхинымæр ахъуыды кодта дворянин, фæлæ дзургæ ницы скодта. — Стæй сауджыны хæрын нæ хъæуы æви? Дæ къу- хы иу уæрцц кæнæ иу тæрхъус куы бафта, уæддæр би- нонтæн пайда у. — Раст нæ дæ, нæ фыд! Махмæ цуанæй фæцæрæн нæй! Мæлæты цуангæнæн бынæттæ нæм куы нæ ис. Куыдзы фаг дæр нæу йæ пайда! —• Уый ма зæгъ... Уæдæ цуана^ттæ сæ бинонты куыд дарынц? — Цуанæй бинонты фæдарæн ис, маргь арæх кæм у, æрмæстдæр ахæм ран. Мах зылды хъæуыхицæут- тæм та кæд фæйнæ тæрхъусы æрхауа, уæд хорз. Æмæ уымæй дæ былтæй куыннæ акæлдзынæ... — Ды раст нæ дæ: æрæджы Датия æнæхъæн пут хуыдзыхтæ æрцахста, — загъта сауджын. — Омæ дын æз кæсаг ахсыны кой куы нæ кæнын. Дæ усæн зæгъ, æмæ дын хыз скæна. Стæй ацу æмæ, дæ зæрдæ цасдæриддæр зæгъы, уый бæрц дон фæрсудз... Кæсаг дæ къухы куы нæ бафта, уæддæр рактæ кæд æр- цахсис... —■ Диссаг уæм нæ кæсы, иннæ приходты сауджын- тæй хъауджыдæр махмæ цуаныл афтæ цæмæн сагъуы- дысты, уый? — Кæмæй зæгъыс? — Ау, æмæ нæ фысымы фыдыфыды хабар нæ зонут? — Зонæм æй, зонæм! — схор-хор кодтой алырды- гæй. — Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд æз дæр цыдæр ахæм фехъуыстон... Ау, æмæ уыцы хабар æцæг уыд? — Æцæг уыди, æцæг... Нæ фыдыфыд сауджын уыди... — Æмæ уæд дæ фырты скъоламæ цæуылнæ рат- тыс? — загъта хъæуы скъолайы ахуыргæнæг, ныхас æхсызгондæр хъуыддæгтæм раивыныл архайгæйæ. — Ома куыд, мæ хæлар? — хъуыддаг нæ хатгæйæ, бафарста хæдзары хицау. 200
— Сауджынты, диакъонты, стæй дины кусджыты сывæллæттæн æмæ фырттыфырттæн ис лæвар ахуыр кæныны бар дины скъолаты... Скъола каст куы фæуа, уæд семинармæ бацæудзæн, хорз куы ахуыр кæна, — дæ фырт та зæрдæргьæвд æмæ æмбаргæ лæппу у, — уæд академимæ бахаудзæн æмæ дзы лæг рауайдзæн. Зæхкусæг бамбæрста, ахуыргæнæджы зæрдæ йын хорз кæй зæгъы, уый, кæд «семинар» цы у, уый æмбар- гæ дæр нæ бакодта, уæддæр, «академи», зæгьгæ, уыцы ныхас та йæм аргъуаны дзæнгæрæджы цагъдæй уæл- дай нæ фæкаст. — Раст зæгъы ахуыргæнæг, раст!.. — Кæд æцæг афтæ у æмæ мын сымах баххуыс кæндзыстут... — зæхкусæг курæгау йæ цæст ахаста йæ уазджытыл. — Ницы æххуыс дзы хъæуы æппындæр, — ногæй та загьта ахуыргæнæг, — курдиат бадæтт æмæ хъуыд- даг ахицæн. — Уый ды куыд зæгъыс, афтæ æнцон аразгæ нæу, хуыздæр уаид, рагацау мæн тыххæй хицæуттæн исчи куы зæгъид, уæд. — Дæ амондæн нæм тагъд алчер æрбацæудзæн... балæгъстæ йын кæн... Мæнмæ гæсгæ дын «нагъ» нæ зæгьдзæн. — Уæлдайдæр та нæ зылды иунæг ахуыргонд сау- джын хæснагыл ничи ссардзæн... II Дзедзилеты аргьуан гом кæныны хабар уайтагъд айхъуыст æгас зылдыл; ам ныронг алчер нæ, фæлæ пъырыстыфы дæр никуы ничи федта. Стырæй-чысылæй æнхъæлмæ кастысты, амæлæты диссæгтæ куы нæ феной æмæ цард бынтон куы нæ фен- дæрхуызон уа, уæддæр исты хъæлдзæгдзинæдтæм. Сылгоймæгтæ сæ зæрдæ дардтой, кæмдæр æндæр бæстæйы къулыбадæг ус æцæг фæзынди æмæ йыл тæвд æфсæйнагæй гакк æцæг скодтой, уый бæл- вырд базоныныл. Кæнæ хицауад кæлæнгæнджытæн æцæг дæтты цæстдзыдæн сывæллоны игæрæй хос кæ- ныны бар, уый. 201
Зæхкусджытæ сæ зæрдæ дардтой уыцы бæрæгбоны рæстæг сæ сæны уæлдæйттæ, сæ сикъо галты æмæ сæ хуыскъ хъуццыты ауæй кæныныл. Чызджытæн фырцинæй бынтондæр сæ сæры зонд фæцыд: хъуамæ уыцы бонты сæхицæн мæйттæ ссарой. Стæвдтæ арæзт диакъон Илларион фæцарæхст йæ зонгæ пълагъоцæн цыдæр лæвæрттæ бакæнынмæ юмæ иуцасдæр сызгъæрин æхца раттынмæ, уæлдæр æй цæмæй сива, уый тыххæй. «Ныр куы нæ уа, уæд кæд уæдæ? Хуыцау мæн тыххæй зæхмæ æрхиза, уый æнхъæл нæ дæн, алчеры та а дыууæ боны ардæм хъæ- уы», — хъуыды кодта Илларион. Пълагъоц алчерæн Илларионы курдиаты тыххæй куы дзырдта, уæд ма йæм йæхицæй бафтыдта: — Хорз уаид, сауджын Тадеозæн æххуысгæнæг раттын, кæннод иунæгæй не’ххæссы. — Куыд не ’ххæссы? Ау, фондзыссæдз хæдзарæн иу сауджын æгъгъæд нæу? Цытæ мын дзурыс, нæ фыд Якинте? — Нæ зонын... иуæй-иутæ хъаст кæнынц... Алы- хатт, дам, ын нæ бантысы... — Чи хъаст кæны? Хъалтæй, къуыдиппытæй исчи, æвæццæгæн. Ничи сæм кæсы! Æви кæд нуазгæ кæны? Йæхи æвзæр дары? Гъе æндæр истæмæй азымджын у? Æндæр цæуылнæ хъуамæ æххæсса йæ куыстыл? — Нуазын æмæ дзы рогмиты тыххæй ницы фе- хъуыстон, раст дын куы зæгъон, уæд. Фæлæ, куыд дзу- рынц, афтæмæй, цыма, цуан кæнынмæ йæ хъус тынг дары. — Цуан кæнынмæ, зæгъыс? Уый сауджын? Æмæ йæ сæры зонд фæцыд? — Афтæ, дæ сыгъдæгдзинад, афтæ, цыма, дам, цуаны тыххæй баззайынц йæ аргъуыдтытæ... — Гъеуый хъуыддаг у, гъе! Ды та дзы цы зæгъ- дзынæ, зæронд лæг? Мæнмæ гæсгæ ды уырдыгон дæ? — бафарста алчер зæхкусæджы. Уый алчеры æр- цыдмæ нал банхъæлмæ каст, фæлæ йæ курдиатимæ горæты балæууыд, цæмæй йæ фырты ахуыры хъуыд- даг фæрæвдздæр уа, уый тыххæй. — Мах, дæ сыгъдæгдзинад, ницæмæй хъаст кæнæм •нæ сауджынæй. Растзæрдæ, хорз адæймаг у! 202
— Ды, æвæццæгæн, иблисæй дæр нæ хъаст кæныс! Хо-орз... Æмæ дæ уæд мæнæй та цы хъæуы? — Мæнмæ мæнæ ахæм курдиат ис: мæ фыдыфыд дины кусæг уыд. Мæ фыд хæрзæрыгонæй амард, диа- къоны ном райсын дæр ын нал бантыст, афтæмæй... Уый фæстæ мæныл чи батыхстаид, уый нал уыд æмæ æнахуыргондæй баззадтæн. Ныр мæ фырты скъоламæ куы раттин, уый мæ фæнды, дæ сыгъдæгдзинад. Ку- рын дæ, æмæ мын æвдисæндар ратт, — алчер куыд нæ смæсты уа, уый тыххæй зæхкусæг бацархайдта йæ хъуыддаг цыбырдæрæй радзурыныл. — Дæ фыдыфыд, зæгъыс, дины кусæг уыд?!'Æмæ уæд ахуыр цæуылнæ кодтай, æнамонд? — Æмæ уыдон кæд фæуыдзысты дзырд, дæ сыгъ- дæгдзинад, фæлæ мын бар куы раттай, уæд... — Дзур, дзур! — Гъемæ, куыд загътон, афтæ мæ фыдыфыд дины кусæг уыди, дæ сыгъдæгдзинад... — Раст зæгъыс, æз дæр фехъуыстон уыцы хабар,— загъта пълагъоц. — Иухатт, иу хуыцаубон райсом паддзах йæ фæн- даг нæ хъæуыл ракодта... Паддзах сауджынмæ арвыс- та. Хъæр æм кæнынц, агурынцæй... Фæлæ лæг фæдæл- дзæх. Куыд дзурынц, афтæмæй сауджын бирæ уарзта цуан кæнын.Æмæ æмбисбонæй куы фæивгъуыдта, уæд дын хæргæфсыл бадгæ куы фæзынид. Йæ разæй, се ’взæгтæ раластой, афтæмæй згъордтой йæ куитæ, йæ фæсарц хордзентæ, хордзентæй зындысты тæрхъусы хъустæ. Сауджын куыддæр паддзахы ауыдта, афтæ йæ зæрдæ бауазал. Хæргæфсы фæстæмæ фæзылдта æмæ рафардæг! «Хæцут уыцы гуыбындзæлыл!» — дзырд радта паддзах. Паддзахы лæггадгæнджытæ йæ асырдтой, фæлæ йæ нал баййæфтой. Абон дæр æй нæ зонын, цы фæцис, уый, — маргæ йæ исчи акодта, тæтæрмæ бамбæхст, йе искуы былæй ахауд. Æрмæст æй уæдæй фæстæмæ фенæг нал фæци, йæ кой, йæ хъæр дæр никуыцæй уал райхъуыст. Уыцы сахат уым фæци нæ ныры сауджыны фыдыфыд. Пад- дзах æм фæдзырдта æмæ йын загъта: «Цæугæ аргъ- уанмæ æмæ сихоры аргъуыд скæн!» — Куыд уынын, афтæмæй сымах зылды цуан кæ- 203
нын хæцгæ низæй уæлдай нæу, — худæнбылæй загъта алчер. — Ныр мæн тæрхон кæнын бахъæудзæн, пад- дзахсауджынæй кæй сæвæрдта, уый фыртыфыртæн. — Уый та куыд тæрхон у, дæ рын бахæрон? — Мæнæ пълагъоц афтæ зæгъы, адæм, дам, хъаст кæнынц, сауджын, дам, цуаны арæх цæуы. Ды та куыд зæгъыс? — Æнæгæды ныхас, дæ сыгьдæгдзинад... Цуан кæ- нын уарзы... Фæлæ æнæуи хорз адæймаг у. Стæй цуа- ны аххосæй йæ куыст нæ баззайы. — Цуан кæны?! — О, дæ сыгъдæгдзинад, æхсæвæй-бонæй, куы кæ- саг ахсы, куы та хъæддаг кæрчытыл цуан кæны... Хыз баппарынмæ æмæ уари æрмахуыр кæнынмæ нæ зылды уымæй дæсныдæр ничи у. — Рæстæг та йын кæм ис уыйас, рæстæг? Æви йæ хуылфы хæйрæг бады? — Дохтыр, дам, ын бацамыдта: æгæр нард, дам, кæныс æмæ дæ фылдæр змæлын хъæуы. Æмæ цы ба- кæна, мæгуыр? — Æдылы ныхæстæ! Æмæ дын ныр куадзæны раз- мæ майрæмбоны дохтыр хуыйы фыд бацамона, æмæ йæ уæд хæрынмæ хъавыс? • Зæхкусæг зæронд лæг алчерæн цы загътаид, уый нæ зыдта; стæй тæрсгæ дæр кодта, миййаг ыл алчеры зæрдæ куы фæхуда йе ’нæуырнындзинады тыххæй, куы смæсты уа æмæ йæ афтæ æхсызгон цы æвдисæндар хъæуы, уый йын куынæуал радта. «Иуныхасæй, дæхи хуыйы хъыбылæй фæхъæстæ кæныны бæсты фæлтау амæл. Æмæ цымæ уый хуыцауы тынг æхсызгон хъæуы?» — ахъуыды кодта йæхинымæр. Лæг йæ сæр æруагъта æмæ, цыма, йæ рæдыдыл ба- саст, уыйау иу къахдзæф фæстæдæр алæууыд. — Егар куыдз дæр æм уыдзæн уæдæ... йе ’нгуыл- дзылта уари бады æд мыр-мырæгтæ; æхсæв, сыбыртт никуыцæй хъуысы, дон тар дары, йе ’ккойæ хыз æрæп- пары... пæр-пæр кæнынц хуыдзыхтæ æмæ... — алчер æрдæгыл фæурæдта йæ ныхас. — Уари йæм нæй, дæ сыгъдæгдзинад, фæлæ тæр- хъусдзуан кæны... * — Сауджын хъуамæ æрмæст дины куыст кæна, уый 204
та кæмтты зилы, кæсæгты доны иу ран нæ уадзы, — тызмæгæй загъта алчер. — Фæлæууæд, мæнæ уæм тагъд фæцæуын æмæ йын æз йæ цуан йæхи фæкæндзынæн уæ Тадеозæн. Куы йæ фенай, уæд ын-иу афтæ зæгъ! Алчер сыстад. — Æгæр дæ кæй тыхсын кæнын, уый тыххæй мын бахатыр кæн, фæлæ мын мæ хъуыддаджы тыххæй цы зæгъдзынæ? — бафарста зæхкусæг. — О, хæдæгай... Хорз. Юстине! — фæдзырдта ал- чер. — Æркæс ын йæ хъуыддагмæ, æмæ кæд гæнæн ис, уæд ын ратт æвдисæндар... Уадз æмæ лæппу , ахуыр кæна. Уæдæ хъæддаг сырдæй баззайа? — Хъусын дæм, мæ хицау! — Амæй фæстæмæ дæр мæ хуыцау дæ хорзæх æмæ дæ арфæйæ æнæхай макуы фæкæнæд,—раарфæ код- та зæхкусæг. — Дæ ном куыд у? — Таймураз, дæ сыгъдæгдзинад. — Гъе уæдæ ма мын раст зæгъ, Таймураз: уæ сау- джын Тадеоз æвзæр адæймаг у? — Нæу, дæ сыгъдæгдзинад, ард дын хæрын, æв- зæр адæймаг нæу, æрмæст цуаны рæстæг бæхыл уай- гæйæ абхазаджьг ихъ-ихъ байдайы, стæй йæ дзык- кутæ дымгæмæ ньшпака вæййынц, цьгма къахетаг кънйаз у, уыйау... Нæ йыл фидауынц, мæнмæ гæсгæ, ахæм митæ... — фауæгау загъта зæхкусæг, — алчер дзы цы агуырдта, уый бамбæрста. — Ды раст зæгъыс, раст дæ ды! Алчер рацыд уатæй. III — Цæуыл сагъæс кæныс, Немврод? — бафарста цуаны цæуын чи уарзта, уыцы дворянин райсомæй раджы Тадеозмæ бауайгæйæ. Бирæ куыддæртæ хуыдтой фæсномыгæй Тадеозы хъæубæстæ: Немврод, Уари, Цъиусур, Кæсаглас æмæ æндæртæ. — Дæуæн та цы у! Дæ топп де ’фцæджы баф- 205
тауыс æмæ богъайы зылд кæныс дæ зæрдæйы дзæбæ- хæн, нæдæр дæ хъыгдарæг ис, нæдæр дын хицау. — Æмæ ды исты сидзæр дæ, хъахъхъæнинаг чызг?! — Æмæ уæдæ нæ! Адæм мæ ныхмæ сыстадысты, иу ран мæ нал уадзынц: «Ныууадз дæ цуан, ныууадз дæ цуан...» Цы мæ сæ. ныхтæ ныссагътой, уымæн ницы зо- нын? Чи йæ хæдзары йæ хæзгулы æмбæхсы, чи та да- выны куыст кæны — æмæ сæм дзурæг дæр нæй! Ды та, дам, сауджын дæ, æмæ дын тæрхъустæ ма- рыны бар нæй. Æмæ сыл чи тыхсы, уый куы зонис? Тæрхъустæ сæхæдæг куы хъаст кæниккой, уæддæр ма гъа, фæлæ мæ цуаны хъуыддаджы алчер йæхæдæг ба- цыд. Æмæ йæ цы кæсы мемæ? — Ницы дын æмбарын дæ ныхæстæн, дзæбæх ма йæ радзур: цы ’рцьгдис? — Алчер мæм æртхъирæн кæны: сæлвындзынæн, дам, дæ, зæгъгæ, мæм æрвиты... Стæй хъæуккæгтæ дæр бæстæ сæ сæрыл систой, бахъуаджы сахат, дам, сау- джыныл никуы фæхæст уыдзынæ... Уыдон мын иууыл- дæр гæлдæрджын Илларионы митæ сты... Ницы аипп мæм ары æмæ мыл адæмы ардауы. Дохтыр мын афтæ зæгъы, фылдæр, дам, змæл, æндæр, дам, дын ницы хос ис... Æмæ йæ мæхæдæг дæр æмбарын, бирæ рацу-бацу мын кæй æххуыс кæны, уый. Омæ уæдæ сывæллонау дæруисыл куыд сбадон æмæ кæрты къуымты куыд ра- тæх-батæх кæнон, нæ зонын! Загътаиккой мын раздæр æмæ æндæр исты куыст ссардтаин. — Портийæ хъаз! — Иунæгæй? — сауджын йæ къух ауыгъта.— Цы- фæнды кæнæд низ дæр, — кæд нæ амæлин, фæлæ мын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй мæ алчер сæлвы- нынмæ хъавы... — Уый та куыд! Ау, афтæ æнцон у, дыууæ хатты кæй сфидар кодтой, ахæм сауджыны сæлвынын? —’ Ехх, мæ лымæн, Михаил, мæ бынатмæ бирæ æнхъæлмæгæсджытæ ис... Илларион йæхæдæг дæр æгъгъæд!.. Баныхас кодта, æвæццæгæн, йæ пълагъоци- мæ. Сойыфыхæй рогдæр фестадысты, радзур-бадзур кæнынц... — Ма тæрс! Алчер дæ тæригъæды нæ бацæудзæн: Дæ сывæллæттæ сæ иуæй се ’ннæ къаддæр... бауай- 206
дзæф дын кæндзæн, афтæ макуал кæн, зæгъгæ... Фæ- лæ æцæг уыцы цуан куы нæ ныхъхъуытты уадзай, уæд дæ бафхæрын хъæудзæн, уæдæ æндæр куыд? — Ацы хатт ма куы аирвæзин, уæд топп æмæ кæ- сагахсæн хыз мæ къухмæ никуал райсин! — Бауырнæд дæ, ницы тас дын у, «Не ’сфæлдисæг йе ’сфæлдыстады сафын нæ бауадздзæн»1. Цæй, æз цæуын. — Кæдæм тагъд кæныс? — Мæ фæллад суадзон. Ахсæв куыроймæ цæуын дон ауазынмæ... — Куыд æй ссардтай хуыцауы тыххæй уыцы бы- нат! — Æмæ йæ ды та кæцæй зоныс? — Ау, куыд нæ йæ зонын, ныр æм æнæхъæн мæй мæхи куы цæттæ кæнын... Уым стыр хуыдзыхтæ ис, раст мæ базыджы дæргъæнтæ... Рактæй дæр йæ тæк- кæ дзаг у... Æмæ дæм худинаг нæ кæсы? Мæнæн ни- цы загътай, афтæмæй дæуыс — Дæхæдæг дæр æй сусæг кодтай, афтæмæй ныр мæнæн уайдзæф кæн. Стæй дæ хонгæ дæр куыд чын- дæуа? Дæуæн цæуæн нæй: абон куы нæ уа, уæддæр райсом алчеры ардæм хъæуы. — Æмæ алчер æхсæвыгон хъахъхъæнджытæ æрæ- вæрдзæн? — Хъахъхъæнджытæ не ’рæвæрдзæн, фаэлæ дæ ис- чи банымудздзæн. — Ехх, уæдæ дæлдзæх фæуæнт иууылдæр!.. Цæу- гæ, цæугæ! Æз сæ мæхæдæг ссардтон уыцы рæттæ, мæхи сæм фæцæттæ кодтон... Гъемæ дæ хуыцау рæст- мæ фæкæнæд! Æхсæвы цалынмæ Михаил дон иуварс уагъта, уæд- мæ сауджын Тадеоз куыройæ уæлдæр æрбынат кодта æмæ иу-æртæ хатты хыз донмæ баппæрста. Байдзаг кодта голлаг хуыдзыхтæ æмæ рактæй, йæхæдæг, йæ мидбылты худгæйæ, хъуыды кæны: «Гъеныр, мæ зынаргъ Михаил, дон уадзгæ, кæцырдæмдæриддæр дæ фæнды, уыцырдæм. Рактæй ма цы зæгъыс, уый зæгъ, 1 Шота Руставелийы поэмæ «Стайы цармдар»-æй цитатæ. 207
фæлæ иунæг хуыдзых дæр дæ къухы нал бафтдзæн. Цæй, лыстæг кæсæгтæ ма дын æгæр дæр сты... Ды мыл хинæй рацæуынмæ хъавыдтæ?! Фæлæ дзы ам дæр ахæм нæй! Кæсагахсæджы ном мыл дзæгъæлы нæ сæвæрдтой». , IV Алчер горæтæй рараст бирæ фæсдзæуинтимæ. Йæ фæндагыл цы хъæутæ уыди, уыдоны цæрджытæ йæ размæ цыдысты æмæ-иу æй хъæуы æддемæ дард ахæццæ кодтой. Фæндаг цыди хъæдыл, æмæ куыддæр фæхæрд кодтой, афтæ куиты рæйын æрбайхъуыст. — Тадеоз, уæ, Тадеоз, ай дæ приход ма уæд? — тызмæгæй ракаст алчер сауджынмæ, уый цыди фæс- тозгомау. Тадеоз йæ зæвæтæй хæргæфсы басхуыста æмæ «нуа, нуа» кæнгæ тарстхуызæй алчеры раз алæууыд. — Цы зæгъыс, дæ сыгъдæгдзинад? — Мæнæ йæ уынын куыд кусыс, уый. Аргъуан цæгъдыны бæсты нын дæ приход куиты рæйдæй кад кæны. — Цы бакæнæм, дæ сыгъдæгдзинад! Аргъуан цæгъ- дынц, фæлæ йæ дзæнгæрджытæ гыццылтæ сты æмæ сæ зыланг ардæм нæ хъуысы. — Иу адæмымыггаг дзæнгæрæг уæддæр балхæд- таиккат... — Мæгуыр у, дæ сыгъдæгдзинад, нæ хъæу! — Уæдæ дзы куитæ алы хæдзармæ дæр куы ис, хæйрæджыты амæттаг фæуай! Цæуыл сæ ахуыр кæ- ныс, цæуыл, дæ адæмы? Уæвгæ сæ динамонæджы хуы- зæн сты. — Дæ сыгъдæгдзинад, ай мæ хъæу нæу, уый ныр- ма дард у ардыгæй. Æз ам цуан никуы кодтон, стæй мæ цуангæнгæ дæр никуы ничи федта... Бахатыр мын таен, кæд истæмæй фæрæдыдтæн, уæд... * — Куыннæ, куыннæ, амы цæрджытæ бакъуырма æмæ бакуырм сты! Сæ сыхаг хъæуы сауджын тæр- хъусты куыд расур-басур кæны, уый нæ хъусынц æмæ нæ уынынц. Фæндаг фæуырдыг кодта лæнкмæ. Алчер баурæдта 208
йæ хæргæфсы, йæ худ систа, йæ ных дымгæмæ ба- дардта æмæ йæ алыварс афæлгæсыд. Къутæрджын уырдыг къул кæм фæцл, уырдыгæй райдыдта лæгъз быдыр. Куиты рæйд ныр хъуыстй хæстæг кæцæйдæр. — Хæц ыл! — Хæц ыл! Ма йæ ауадз! —■ Марадз, Лабаша! — Турия, ардæм! Сæ дзых цы карста, уымæй хъæр кодтой цуанæттæ кæцæйдæр бынæй. Уалынджы дын къудзиты бынæй тæрхъус рагæпп ласта. Фæлæууыд æмæ кæсы барджытæм. — Тæрхъус! — зæгъгæ, фæхъæр кодта алчер, æмæ йын æнхъæл куыд ничи уыд, афтæ рог фæзылд йæ саргъыл, цы йыл ныццæвон, зæгъгæ. Куыницы ссард- та, уæд ыл йæ худ ныззылдта, фæлæ уæдмæ тæрхъус сосæ фæндагыл балæууыд. — Хæцут ыл, ма йæ ауадзут! — Æ, уæртæ хæй- рæджыты амæттаг, йæ, — хъæр кодта алчер, йæ хæр- гæфсы размæ схойгæйæ. — Æри-ма, лæппу, дæ лæ- дзæг, тагъддæр, тагъддæр! — нал æмæ нал æнцад алчер. Тæрхъус кауы сæрты кæйдæр кæртмæ багæпп кодта. Алчер йæ хæргæфсы кауы размæ батардта. — Дуар бакæнут! Бакæнут дуар! Тæрхъус уæ кæртмæ балыгъд! Ей, цы фестут! Адонæй змæлæг нал ис æви? Ма йæ рауадзут. Адæмы хъæрмæ кæцæйдæр рæбынæй куыдзы рæ- йын ссыд. Тæрхъус фæстæмæ кæртæй рагæпп ласта. Алчер ыл, лæггадгæнæг æм цы лæдзæг авæрдта, уый ныззылдта. Тæрхъус сосæйæ иуварс фæзылд æмæ уырдыгыл йæхи комкоммæ къудзитæм аскъæрдта. Алчер йæ хæр- гæфсы фæзылдта, тæрхъусы асурон, зæгъгæ, фæлæ хæргæфс йæ къæхтæ ныббыцæу кодта æмæ йæ бына- тæй змæлгæ дæр нал кæны. — Феггуырс-ма, бирæгъты амæттаг фæуай, — мæс- ты кæны алчер. 14 Райдзаст Гуырдзыстон 209
Хæргæфс йæ бынатæй куы нæ змæлый, уæд алчер æнæ искæй æххуысæй хæргæфсæй æргæпп кодта æмæ тæрхъусы фæдыл къудзитæм азгъордта. Тæхгæ-тæхын феппæрста йæ пæлæз æмæ йæ иуварс ныддыгъгъуытт кодта, йæ куырæтгонды фæдджитæ æрбатымбыл ’кодта æмæ æнæфæстæмæ фæкæсгæйæ тæрхъусы сурынтæ байдыдта; зæххыл-иу ахуыссыд, фæстæмæ-иу фестад æмæ та сургæ. йæ дзыккутæ спыхцыл сты, йæ хид акалд, улæфт æм нал уыд. Æппынфæстаг тæрхъус æрдузмæ бахæццæ ис, къу- дзиты куыд фæцæйныгъуылд, афтæ йæ куитæ æрбай- йæфтой æмæ йын йæ фæндаг ахгæдтой. — Суадзут егæртты! Егæртты суадзут!.. Цы боны хорзмæ ма кæсут, фезмæлут! — алчеры хъæрæй хъус- тæ æмыр кодтой. Тæрхъус зæххыл æрхуыссыд æмæ йæхи аивæзта,— æрдузы сæрты агæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йыл егæрттæ сæхи дыууæрдыгæй ныццавтой. — Гъе уыдон куитæ сты, гъе, — фырцинæй йæ ньь хас йæ дзыхы нал бадти, афтæмæй алчер æппæлыд куйтæй, афоныл кæй æрбахæццæ сты, уый тыххæй. Æнæ рæйтæйæ куитæ тæрхъусмæ фæцæйцыдысты. Тæрхъус бамбæрста, йе ’сæфты сахат кæй æрцыд, уый — ныртæккæ йæ егæрттæй иу рацахсдзæн... Фæлæ æваст йæхи хæрдмæ фехста, цæхгæр фæзылд æмæ фæстæмæ ныййарц... Хæстæгдæр æм цы егар уыд, уый уайтагъд нæ фæцарæхст йæхи фæуромынмæ æмæ иу- цасдæр размæ фæтахт йæхи цыренæй. — Æ, хæйрæджы къах! — фæхъæр кодта алчер, йæ тымбылкъухæй куыдзмæ æртхъирæн кæнгæйæ. Тæрхъус адард. Фæлæ дыккаг егар, цыма фыц- цагыл сайд цæудзæн, уый зонгæ кодта, уыйау лæмбы- нæг кастй тæрхъусы фæливæн митæм æмæ йæ размæ фæцис; тæрхъус йæхицæн сурын æнхъæл куынæуал уыд æмæ фыртæссæй кæдæм лыгъд, уый дæр куынæ- уал æмбæрста, раст æй уыцы сахат егар баййæфта æмæ йын йæ агъдыл дæр нæ, фæлæ йæ фарсыл фæ- хæст, тæхгæ-тæхыны йæ хæрдмæ сæппæрста æмæ йæ йæ быны аууæрста. — Æгъгъи! — æнцон улæфт ныккодта алчер^ æмæ фæтагъд кодта хъæбысхæсты бынатмæ. 210
Базгьордтой цуанæттæ, фæсдзæуинтæ, куитæ... Тæрхъусы егарæй байстой. Алчер сæрфта йæ цæсгомы хид. — Раарфæ нын кæн, дæ сыгъдæгдзинад! — загъта цуанон алчерæн. — Хуыцау дын раарфæ кæнæд, мæ хъæбул, мæнæн ма зæрондæй ахæм æхсызгондзинад чи фенын кодта. — Айс нын нæ чысыл лæвар, дæ хорзæхæй — нæ абоны амæттаг, — цуанон зæронд лæг тæрхъус ал- чермæ бадаргъ кодта. — Уый та куыд, мæ хур? Цы дзы кæнын фæндагыл тæрхъусæй, æнæуый дæр мæ тынг куы сбуц кодтат. — Ды хорз зондзынæ, дæ сыгъдæгдзинад, цуанæт- ты рагон æгъдау — кæй амарынц, уый цуанæтты се ’ппæты дæр вæййы, фæлæ ацы тæрхъус не ’ппæтыл куы байуарæм, уæд нæм дзы фæйнæ комдзаджы дæр не ’рхаудзæн. Гъемæ йæ ды куы айсай, уæд нын тынг æхсызгон уыдзæн. — Хорз, мæ хъæбул, стыр бузныг, — сразы ис ал- чер æмæ сыл дзуæрттæ æфтауын байдыдта; æмæ дзуарæфтауынмæ цы къух бадаргъ кодта, ууыл цал- дæр цæррæмыгъды æрмæстдæр уæд бафиппайдта. Ал- чер фефсæрмы ис, æркаст йæхимæ æмæ йæ пæлæз йæ уæлæ нæ, афтæмæй лæууы. —- Тæригъæдджын у адæймаг, тæригъæдджын... æмæ æз дæр зæххон хъуыддæгтæм бабæллыдтæн, — эагъта алчер, къæмдзæстыгхуызæй йæ мидбылты ба- худгæйæ. Тадеоз æм хæстæг лæууыд, уый катайы бацыд; бирæ тæссаг хъуыдытæ зилдух кодтой йæ сæры... Цы мæм æнхъæлмæ кæсы æмæ цавæр æфхæрд баййафдзынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдытæ ацы хатт Та- деозæн йæ сæрæй фæхауын кодтой цуан кæныны хъуыддаг æмæ ныр семæ уымæн нæ цуан кодта. Нæ йæ зыдта, алчер ын йæ рæдыдтыты тыххæй маст скæндзæн æви, алчер йæхæдæг дæр монцы фæдыл кæй ацыдис, уый тыххæй йын хатыр бакæндзæн, уый. — Мæн дæр ма фæрæдийын кодтай, Тадеоз! — мидбыл худгæйæ баздæхт алчер сауджынмæ, уый арф хъуыдыты куы аныгъуылд, уыцы рæстæг. — Цуан 211
кæныны хъуыддагæй рынчын у, æвæццæгæн, уæ зылд иууылдæр... — ЭДæ аххос нæу, дæ сыгъдæгдзинад. — Нæ, нæ! Æмæ дæу чи аххосджын кæны? Хуы- цау тæрхонгæнæг алкæмæн дæр... — сабырæй загъта алчер. Аргъуан гом кæнгæйæ, алчерæн йæ.раныхас хъуа- мæ уыдаид: «Сауджын æмæ моладзаны хæстæ». Фæ- лæ уый бæсты уый равзæрста: «Макæуыл худ æмæ дыл мачи худа», зæгъгæ, ахæм темæ. Алчеры раныхас иннæ хæттыты хуызæн нæ уыди: сæрыстыр ныхæстæ нæ кодта, дины чингуытæй скъуыд- дзæгтæ нæ хаста, уый дзырдта хуымæтæг æвзагæй æмæ, йæ цард фæуынмæ чи хъавыд, уыцы фæлмæн- зæрдæ зæронд алчерыл, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз фидыдтой уыцы ныхæстæ. Кънйазы ус Теолинæйы хæдзары та æхсæвæр хæр- гæйæ ногæй цуаны тыххæй ныхас рауад. Алчер æргомæй басаст, монцы фæдыл кæй ацыд, ууыл, æмæ загъта цуаны ныхмæ. Фынгыл арæх хъуыст ахæм ныхæстæ: «Дыууадæс апостолы», «Горгасал Вахтанг», «Калачы бындуры сæвæрд» æмæ «Немврод»1. Немвроды кой куы скодтой, уæд райхъуыст сабыр худт. — Цуан кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыцауы æваст хъуыддаг нæу, — арфæйаг уæд йæсыгъдæг ном! Уый йедтæмæ йæ цæмæн æрхъуыды кодтаид суанг не- заманы? — загъта, адæм æмхуызонæй аргъ кæмæн кодтой æмæ се ’ппæт, суанг алчеры онг Тадеозы зна- гыл кæй нымадтой, уыцы хуыцаумæ кувæг зæронд лæг. — Тас дын нал у ныр, фервæзтæ! — бадзырдта Тадеозы хъусы, абон райсомæй тæрхъустыл чи цуан кодта, уыцы лæг. 1 Ацы нæмттæ иууылдæр баст сты цуанимæ: Немврод — библийы йæ кой кæмæн цæуы, иу ахæм цуанон; апостолт æ— кæсагахсджытæ; Горгасал Вахтанг — гуырдзиаг пад- дзах, рагон таурæгътæ куыд зæгъынц, афтæмæй, хъæддаг карк кæдæм æрæппæрста, уым Калак чи сарæзта, уый. 212
— Дæ руаджы... — Дæумæ мын хорз хуынд... — Уый дын мæ быгьдуан, дæ рын бахæрон... мæ бон цыдæриддæр уа, уымæй нæ бацауæрддзынæн, та- буафси. Уыцы сусу-бусу айхъуыста алчеры хъуыддагдар Юстине. Уыцы сахат уый та Таймуразæн афтæ дзырдта: — Райсом-иу раджы æрбауай, æвдисæндар цæттæ уыдзæн, алчер скъолайы директормæ писмо ныффыс- дзæн, дæ фырты дын æнæмæнгæй куыд айсой, афтæ. Зæрдæргъæвд, æмбаргæ лæппу, дам, у, баххуыс, дам, ын хъæуы. Æмæ Тадеозы дзуапп Юстинейы хъустыл куы ауад, уæд йæ ныхас фескъуыдта æмæ Тадеозмæ разылд: — Ацы абадт нымады нæу... Иу фынг ма дæ ара- зын бахъæудзæн дæ хæлæрттæ æмæ дæ зонгæтæн. — Табуафси, стыр амондджын уыдзынæн... Хуынды уæвджытæ се ’ппæт дæр хорз зыдтой, кънйазы усы хæдзары æхсæвæры фынг аразæг сау- джын Тадеоз кæй уыд, уый, фæлæ йæ æргомæй ничи дзырдта. Фынгыл æрæвæрдтой жаркой уыцы фыдæбоны тæрхъусы фыдæй. Алчер къæмдзæстыгхуызæй мидбылты бахудт. Тадеоз дæр уыд хъæлдзæг, худæндзаст.
Клдиашвили Серго БЫДЫРОН ДИДИНÆГ Æфсæнвæндагæй чысыл æддæдæр, тыгъд быдыры астæу, лæууы зæронд товарласæн вагон. Вагоны фар- сыл, йæ фыст дзæбæх кæмæн нал зыны, ахæм фæй- нæджы гæппæл ауыгъд: «Станцæ Аргвети». Афтæ зы- ны, цыма ацы вагон, раджы кæддæр ам цы поезд æр- лæууыд, уымæй фæхицæн æмæ рохуаты баззад. Æмæ фыццаг бакастæй дæр бæрæг у: ацы вагоны ш хур рагæй судзы, къæвда йæ рагæй æхсы, мит ыл рагæй уары. Вагоны фæстаг къул дардмæ сау-сауид дары сæ- гæй. Æмæ куыннæ уа сау. Скæсæнырдæм къулæй цы труба рацыд, уырдыгæй дымгæ фæздæг уæлæмæ нæ уадзы, æмæ сæгæй къул сафы. Дымгæйы та хонын хъæуы Аргветы быдыртæм! Æхсæвæй-бонæй йæ сыф- сыфæй не ’нцайы. Æфсæнвæндаджы фæйнæ фæрсты телыхъæдтыл тыгъд телтæ агъуыд бирæгъты ниуд нык- кæнынц... Уыцы лыстæг тилифоны телты хъæрзын æмæ æрдиагмæ хъусынæй зæрдæйы уидæгтæ фæцæйтонынц. Уымæ гæсгæ, ам бирæ азты чи фæцардис, уыцы адæй- маг цыфæнды æнкъард æмæ æрхæндæгзæрдæ куы уа, уæддæр ыл худæн нæй. Телеграфист Миндиашвили Сандромæ йе ’намон- дæн ницы бæллицтæ уыди. Уый бæллицтæй йæхи ир- хæфсын куы зыдтаид, уæд ын афтæ зын нæ уыдаид Аргветы уыцы иухуызон æнкъард цардæй цæрын. Тæнзæрдæ лæг хуыдта йæхи Миндиашвили æмæ йæм уымæ гæсгæ йæ иунæджы хъысмæт уæлдай зын- дæр касти. Раст зæгъын хъæуы, бынтон иунæг нæ уыд, 214
йемæ ма вагоны цардис станцæйы хицау Бенделиани Илья дæр, фæлæ йын уый уынд та бынтон тых код- та, ’йе ’нкъарддзинадыл ма йын ноджыдæр æфтыдта. Ахæм бонтæ-иу уыд, æмæ Ильяйы дзыхæй иу дзырд дæр кæд не ’схаудта, фæлæ-иу хатгай гитарæ рас- къæфта æмæ йыл-иу уæд зарын бацайдагъ, йæ зарæг та уыди цыдæр æнад, ниуæгау... — Райдыдта та гъеныр, >мæ уд мын æрдуйæ на- рæгдæр скодта, хæйрæджы амæттаг фæуа... — хъуыр- хъуыр-иу кодта Сандро, йæ маст тыххæй уромгæйæ. Бенделианийы зарæгмæ-иу йæ зæрдыл æрлæууыд дымгæйы ниуд Аргветы тыгъд быдыры. — Дæу хуызæн дзырддзæугæ лæгæн гитарæйæ цæгъдын бæргæ нал фембæлы, исты мын чындздзон чызг, миййаг, куы нæ дæ? Нæ зонын, цæмæн дæм аф- тæ хорз кæсы? — дзырдта-иу Сандро йæ хицауæн. Æмæ-иу уæд Бенделиани йæ гитарæ æрæвæрдта, йе ’мбалмæ зæрдæхæлар худт бакодта æмæ та-иу но- джы æнувыддæрæй цæгъдын райдыдта. Гитарæйы æмыр зæлтæ Сандройы хъустыл ауайын кæнынц теле- графы телты тæригъæддаг ниуд, æмæ уæд йæ зæрдæ бынтондæр фырæнкъардæй нымпылы, ныммæгуыр вæййы. Товарон уæзласæн поездтæ Аргветы не ’рлæу- уынц, æгæр-мæгуыр сæ цыд дæр нæ фæсындæгдæр кæ- нынц, афтæмæй гыбар-гыбургæнгæ афардæг вæййынц. Æрмæстдæр дзы фæйнæ минуты алæууынц дыууæ пассажирон поезды: иу дзы сихорыл рацæуы Кала- кæй, иннæ та æхсæвы Батумæй. Сандро фылдæр бадт йе стъолы фарсмæ æмæ хъуыста телеграфон атшараты æнæкæрон къуырцц- къуырцмæ. Дард кæмдæр цард æхсиды, размæ бырсы, ам, Аргветы та, лæг дьгмгæйы ниуд йедтæмæ ницы фе- хъусдзæн, никæйы фендзæн. Иæ зæрдæйы тыхстæй фервæзынæн, йæхи уæддæр чысыл аирхæфсынæн Сандро ссардта иу мадзал — тилифонæй дзурын. Уыцы хъуыддаг райдыдта бынтон æнæнхъæлæджы. Иухатт Сандро сыхаг станцæ Чалабауримæ фехъусын кодта, поезд фæцæуы, зæгъгæ. Станцæйы хицау ра~ зынд сылгоймаг, йæ ном Аграфенæ. Уæдæй фæстæмæ *15
базонгæ сты æмæ алы бон дæр ныхас кодтой тилифо- нæй. т , Сæ ныхас-иу уыди тынг цыбыр, фæлæ-иу уæддæр уыцы ныхасы фæстæ Сандромæ афтæ касти, цыма йæ цард рухсдæр, амондджындæр фæци. Аграфенæйæн йæ ныхас тынг зæрдæмæдзæугæ уыд, æмæ Сандромæ гæсгæ хъуамæ уындæй дæр афтæ уы- даид. йæ дзыккутæ — мыдхуыз, къæбæлдзыг, йæхæ- дæг — урсцъар, — саулагъз сылгоймæгтæ Сандройы зæрдæмæ нæ цыдысты, — йæ цæстытæ та — денджы- зау цъæх, — денджыз Сандро чысылæй нырмæ дæр бирæ уарзта. Æнæмæнг хъуамæ уа бæрзондгомау, хæрзхуыз, — къæсхуыр сылгоймæгтæн-иу Сандро цæ- мæндæр тæригъæд кодта. Стæй йыл, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ тынг дзæбæх фидауой сырх худ æмæ формæйы къурткæ; йæ кæрдæгхуыз тырысайыл та хъуамæ аив хæст кæна, мæнæ цыма веерыл хæцы, раст афтæ. Сандро ма йын суанг йæ ном дæр аивта. Аграфенæ ном йæ зæрдæмæ нæ цыд, цыма йыл.уыцы ном фидау- гæ дæр нæ кодта, афтæ йæм каст, æмæ йæ хонын рай- дыдта дидинæджы номæй — Жужуна, зæгъгæ. Ахæм дидинджытæй цъæх дардтой Аргветы быдыртæ æмæ йыл, æвæццæгæн, тынгдæр уый тыххæй сæвæрдта уы- цы ном. Аграфенæйæн йæхи зæрдæмæ дæр цæуы йæ ног ном; Сандро йæм Жужунайæ куы сдзуры, уæд худæ- гæй бакъæцæл вæййы. Хур бонты Сандро арæх фæбады вагоны аууон цъæх нæууыл чиныгимæ, науæд та фæкæсы тыгъд бы- дырмæ, нартхоры хуымтæм, хохрæбыны цъæх-цъæхид сæнæфсирдæттæм, дард хохы рагъмæ. Нæ, афтæ ничи зæгъдзæн, Аргветы быдыр рæсугъд нæу, зæгъгæ, уæ- дæ йæ æнкъард схонæн дæр нæй. Фæлæ Сандро схъыг Аргветы цæрынæй, йæ алы- варс цыдæриддæр ис, уыдонæй йæ цæстытæ афтæ фæрыстысты æмæ йын гæнæн куы уаид, уæд тæккæ абон дæр ацæуид ардыгæй. Ныр цалдæр хатты ныф- фыста фæндаджы управленимæ курдиат, ардыгæй мæ æндæр станцæмæ аивут, зæгъгæ, фæлæ нырма ницы дзуапп райста. 216
Куы ницы рауайы йæ курдиатæй, никуыдæм æй ивынц, уый куы базрны, уæд Аграфенæмæ тилифонæй бадзуры æмæ йæ хъæстытæ уымæн акæны. — Чалабаури! Æриут-ма Чалабаури! Жужуна? Кæдæй-уæдæй дзуапп райстон. — Æмæ куыд? Нæ та дæ ивынц? — Уæлæгъи, нæ! — Æмæ дын æз нæ дзырдтон! — Омæ мæ цæрæнбонты ам даринаг сты? — Æвæццæгæн. — Цæмæн, цæмæн? И? Цæуыл ныхъхъус дæ? — Хъыг дын куы уа мæ ныхас. — Ды мын цы зæгьай, уый мæм хъыг нæ фæкæс- дзæн. — Диссаг дæ, æвæдза! Афтæ тынг дæ цæмæн фæн- ды ардыгæй ацæуын? Цæй тыххæй? — Нал у, Жужуна, мæ бон ам, бауырнæд дæ. Адæм кæм сты, цард кæм æхсиды, уырдæм мæ фæнды, уыр- дæм! Иннæтæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн цæрынц, æз æмæ ды та хуынчъы уырыты цард кæнæм. — Нæ, мæ хæлар, мæн дæхиимæ ма бар, æз мæ цардæй хъаст нæ кæнын. Стæй дæхæдæг дæр иу ран куы сбадис. Ам, æвæццæгæн, тынгдæр хъæуыс, уый йедтæмæ дæ ауадзиккой. Æрхæндæгзæрдæ телеграфистæн Аграфенæ уыдис йæ иунæг хæлар æмæ зæрдæйы ныфс. Куыддæр ын-иу йæ хъæлæс айхъуыста, афтæ-иу бахъæлдзæг, йæ маст- иу цыдæр æрбаци. Раст цыма Сандройы амондæн æр- выст уыд ацы сылгоймаг сыхаг станцæмæ. Сандро рагæй фæнд кодта Аграфенæйы бабæрæг кæнын. Æмæ-иу уыцы хъуыды йæ зæрдыл куы æрба- лæууыд, уæд фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта. Фæлæ ацæуын йæ къухы не ’фтыд: куы-иу æй йæ хи- цау нæ ауагъта, куы-иу йæ китель итувæрд нæ уыд, куы та-иу æй æндæр исты бакъуылымпы кодта, — афтæмæй бонтæ цыдысты. Æрцыд зымæг. Мит арф æруарыд. Дымгæ ма хатгай йæхи быдырыл расæрфы, ныффуттытæ кæны, йæ разæй фæлмæн миты тъыфылтæ айсы, фæлæ йæм 217
хъару нал ис, дард ахæссын сæ йæ бон нал свæййы, æмæ йæхæдæг дæр семæ зæххыл æрæнцайы. | Боныгон дымгæ æппындæр нæ дымы. Фæлæ æх- сæвыгон, Сандро арты фарсмæ бадгæйæ хъуыдытыл куы фæвæййы, уæд æм æрбайхъуысы телты зыр-зыр- гæнгæ уынæр. Уынгæг хъæлæсæй уынæргъы, цыма йæхи хæдзармæ уадзын кæны. Станцæйы хицау æхсæвы горæтмæ ацыди æмæ йæ бæсты Сандройы ныууагьта. Æрхæццæ пассажирон поезд. Сандро машинистмæ æфсæйнаг лæдзæг радта, æмæ поезд куы араст, уæд йæ цæрæнбынатмæ рацыд. Фанары рухсмæ ауыдта дыууæ аууоны, фæлæ сæм Сандро не ’рлæууыд, æвæц- цæгæн хъæуы цæрджытæй исчи æрцыд, зæгъгæ. Фæлæ Сандро йæ вагонмæ куы фæцæйхызт, уæд дыууæйæ дæр йæ размæ фесты. Иу дзы уыд йæ кары чи бацыд, ахæм цыбырæлвыд рихиджын лæг, иннæ та хæрз æрыгон чызг. Се ’ккæйтты уыди хызынтæ, сæ къухты та — лыжæтæ. — Æгæр дæ нæ батыхсын кæндзыстæм, ахсæв уе ’станцæйы куы бахсæвиуат кæнæм, уæд? — бафарста чызг. йæ уæздан ныхасы уаг тынг фæцыди Сандройы зæрдæмæ. Æртæйæ дæр вагонмæ бахызтысты. Фæндаггæттæ сæ хызынтæ се ’ккæйттæй æрæппæрс- той æмæ арты фарсмæ æрбадтысты. Чызг йæ хъус- джын худ куы систа, уæд ын Сандро ауыдта йæ хæрзæрыгон цæсгом. йæ фæлладхуыз æмæ хуыссæг- хъуаг цæстытæ та йæ цыма ноджы хæрзуынддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кодтой. — Ацы зымæг мит мæлæты бирæ æруарыд, — загъта лæг. — О, о, амы цæрджытæ рагæй нал федтой ахæм зымæг, — дзуапп радта Сандро. — Куыд кæсын, афтæмæй нын райсом зынгомау уыдзæн, — тыхстхуызæй загъта лæг æмæ чызджы- рдæм бакаст. — Куыд дæм кæсы, Елена? Чызг йæ мидбылты бахудт. — Æмæ уæ-дард цæуын хъæуы?—афарста Сандро. — Унагиры хохы кой искуы фехъуыстай? Уæдæ мах раст гъеуыцы хохы рæбынмæ цæуæм. Сандро уыцы рæтты никуы уыди, фæлæ-иу хур бон, 218
кæнæ мæйрухс æхсæв арæх каст Унагиры бæрзонд цъупмæ. — Æвæццæгæн, хъæумæ цæут? — Нæ, уыцы рæттæ нæ бæлвырд сбæрæг кæнын хъæуы. Фæндаггæттæ разындысты инженертæ. Нæлгоймаг уыд Хведелиани Арчил — арæзтады хицау, чызг та — Месхи Елена — прораб. Уалдзæджы ацы районы рай- дайдзысты электростанцæ аразын. Унагиры раз цы æртæ чысыл цæугæдоны цæуы, уыдон тъунелтæй баиу кæндзысты, æмæ дзы рауайдзæн цад. Ардыгæй элек- тростанцæмæ цæудзæн дон. Р1æ алыварс хъæутæм бауадздзысты электрон тых, ныррухс уыдзысты кол- хозонты хæдзæрттæ. Ныр инженертæ æрцыдысты, скъладтæ æмæ æмдзæрæнтæ кæм араздзысты, уыцы бынæттæ сбæлвырд кæнынмæ. — Уый хорз хъуыддаг у, — загъта Сандро æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта: «Хорз бæргæ у, фæлæ та уый дæр Аргветæй дардгомау у. Унагир дæр ма цард- мæ хæстæгдæр фæцæуы, ам та, фыццагау, дымгæ ниу- дзæн æмæ Бенделианийы гитарæйы зæрдæхалæн цагъд хъуысдзæн... Кæм базыдта цымæ афтæ зарын, хуыцау ын æй ма ныббара?!» Æвзæр нæ уаид ацы адæмы истæмæйты хорз фе- нын, фæлæ цæмæй? Лæгæн ма йæ разы дзул, цыхт, къомситæ дæр авæрид, фæлæ чызгæн ахæм хæринæг- тæцыцæсгомæй æрæвæра? Уæлдайдæр ахæм рæсугъд чызгæн... Рæсугъд сылгоймæгтæй Сандро куыддæр тæрсæгау кодта, сæ разы-иу ныфсæрмы ис. Ныр та бынтондæр йæхи цы фæкæна, уый нал зоны . Ацы чызг æм иннæ чызджыты хуызæн нæ фæкаст, фæлæ цæмæй æндæр- хуызон уыд, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста. Истæмæй йын йæ зæрдæ куы балхæдтаид, куы йын балæггад кодтаид, уый йæ фæндыд, бæргæ, фæлæ ницы æрхъуы- ды кодта, чызгæн йæ тъахтин раттынæй дарддæр. — Æмæ уæд ды та кæм схуысдзынæ? —■ афарста йæ Елена. — Мæнæн ахсæв хуыссæн нæй, поезды размæ мæ цæуын хъæудзæн, — сæфсон кодта Сандро. Чызг йæхицæн хуыссæн бакодта æмæ æрхуыссыд. 219
Чысыл фæстæдæр æм Сандро куы бакаст, уæд уыди фынæй, йæ къух йæ сæры бын бакодта, афтæмæй. Фы- нæйæ та ноджы рæсугъддæр, ноджы хæрзуынддæр фæкаст Сандромæ Елена. Йæ цæсгом зынд сабыр, æн- цой æмæ, сывæллоны цæсгомау, æнæмæтхуыз. Елена цы хъист-хъистгæнаг тъахтиныл хуыссыд, уый æнæуи тухæнæй марыны хос йедтæмæ ницы уыд, фæлæ ныр Сандромæ мæлæты дзæбæх фæкаст; цыма æрмæстдæр ууыл уыди фаг фæфынæй кæнæн æмæ фæллад суа- дзæн! Хведелиани Сандройæ хатыр ракуырдта æмæ хуыс- сынмæ фæци. Бирæ ма фæбадти Сандро пецы раз, бирæ фæхъуы- ды кодта. Æхсызгон уазджытæ йæм сæмбæлди ацы æхсæв. Семæ чысыл аныхас кодта æмæ йæ ноджы тынгдæр æрфæндыд Аргветæй ацæуын. Фæлæ уый исты уаз- джыты аххос у? Уæлдайдæр та Еленайы аххос? Уый ардæм Сандройы æнцад цард халынмæ, миййаг, куы нæ æрбацыди. Нæ,, Елена у ног царды, амондджын царды фидиуæг æмæ æрбатахтис диссаджы маргъау. Ахсæв йæ фæллад суадздзæн æмæ райсом раджы, сæу- мæцъæхыл, йæ базыртæ айтындздзæн æмæ дардмæ атæхдзæн —■ уынгæ дæр æй ничиуал фæкæндзæн. Цæ- мæн хъуамæ бафæстиат уа ам? Цавæр тых æй бау- ромдзæн? Дардæй æрбайхъуыст электровозы æхситт. Сандро райста йæ фанар æмæ вагонæй æддæмæ рацыд. Уыдис сабыр хъызт æхсæв. Арвыл стъалытæ æрттывтой, цы- *ма дзы цæхæры кæфой акалдæуыд, уыйау. Дардмæ бæрæг дардта Унагиры хохы бæрзонд урс цъупп. Цы- мæ цы зæгъид уазæг чызг, уыцы хохы цъупп куы фе- нид, уæд? Поезды гыбар-гыбур ссыд æмæ та фæстæмæ бæстæ басабыр. Гъе афтæ ацæуы алцыдæр Сандройы рæзты, размæ, амондджын цардмæ тырнгæйæ. Æмæ цæй тых- хæй хъуамæ баззайа ам Сандро, цы хъуыддагæн? Ильяйы гитарæ æмæ Аргветы ниугæ дымгæмæ хъусы- нæн? Фу... авд дæлдзæхы фæуæнт!.. Райсомæй раджы уазджытæ сыстадысты æмæ бы- дырмæ рацыдысты. Сæ фæллад ссыд, уыдысты уæнг- 220
рог æмæ хъæлдзæг. Чызгæн йæ цæсгом бынтон æндæр фæци, базонæн ын нал уыди: æнæрынцойæ цъыбар- цъыбур кодта, цинæй мард райдзаст райсомыл. Хур нæма скасти, фæлæ йæ фыццаг сæууон тын- тæй мит æрттывдтытæ калдта, хорз бон кæй скæн- дзæн, уый бæрæг уыди. — Цы диссаджы райсом у, — загъта Елена æмæ зæрдиагæй сулæфыд сæууон уазал удд&æфæй. — Цæ- уын афон нын нæма у? Фæндаггæттæ Сандройæн раарфæ кодтой æмæ сæ лыжæты сыф-сыф урс лæгъз митыл ссыд. Сандро сæ фæстæ кæсгæйæ баззад. Иу ран ма æр- лæууыдысты, сæ алыварс акæстытæ кодтой, тымбыл æрзылдысты, æмæ станцæйырдæм се ’ргæмттæ раз- дæхтой, æвæццæгæн, сæхинымæр абарстой, уырдыгæй станцæмæ цас уыдзæн, уый. Æвиппайды Елена Санд- ромæ йæ къух фæтылдта æмæ дарддæр азгьордта. Сандро сæ фæстæ æдзынæг каст. Уыдон къаддæ- рæй-къаддæр кодтой, уалынмæ ма йæм зындис дыууæ стъæлфы, стæй уыдон дæр цыдæр фесты. Уыцы бон изæрæй Сандро Чалабауримæ нал .адзырдта. Æмæ йæм уæд æхсæвы æнафоны Аграфенæ йæхæдæг æрбадзырдта. — Цæй, цы хабæрттæ дæм ис? — Аграфенæ дæ? Бузныг, ницы мын у. Сандромæ трубкæйæ фехъуыст æнахуыр зыланг- гæнаг худт: — Уæддæр ма мын мæ ном кæй æрхъуыды кодтай? Æз та афтæ æнхъæлдтон, æмæ дæ ме ’цæг ном бын- тондæр ферох. — Нæ, цытæ дзурыс! Цæмæн?.. — Куыд цытæ дзурын! Æдзухдæр мæ Жужуна куы хуыдтай. Сандро цыдæр æбæрæг ныхас загъта. — Цæуылдæр мæсты дæ, æнхъæлдæн? — Куы нæ. Дысон мæм дыууæ инженеры бахсæ- виуат кодтой. Уыцы чызг йæ къух йæ сæры бын ба- кодта, афтæмæй афынæй... — Нæ дæ ’мбарын дзæбæх, цытæ дзурыс? Кæй кой кæныс? — Уыцы чызджы, Еленайы кой кæнын. 221
— А-а-а, Еленайы кой, — афарста йæ Аграфенæ, цыма æцæг Еленайы хорз зыдта, уыйау. — Ау, æмæ йæ зоныс? — сцин кодта Сандро. — Нæ зонын, — загъта Аграфенæ, — дæумæ æх- сæвиуат цы Еленатæ кæны, уыдоны се ’ппæт кæцæй зонын! Аграфенæ трубкæ æртъæпп кодта. Æндæр хатт Сандройæн тынг хъыг уыдаид ацы хъуыддаг, фæлæ йæ ныр хъуыды дæр не ’ркодта. Суанг ма йæм афтæ дæр фæкаст, цыма Чалабаури кæмдæр тынг дард ис, стæй Аграфенæйæн цы ном æрхъуыды кодта, уый дæр дзы куыддæр айрох. Йæ быдырон дн- динæгдæр ацы хатт бынтон æндæрхуызон у. Абонстан- цæмæ хæстæг кæцæйдæр æрттывта æмæ, Сандройæн саламтææрвитгæйæ, йæрæсугъд гуыр æртасын кодта. Цалдæр боны фенхъæлмæ каст Сандро инженер- тæм. Фæлæ никуы æмæ ницы, — æвæццæгæн, сæхимæ æндæр станцæйыл афардæг сты. Цыдысты бонтæ, къуыритæ кæрæдзийы ивтой. Уы- цы диссаджы æхсæвы цаутæ чысылгай мынæг кодтой, стæй бынтондæр ферох сты Сандройæ. Батад мит. Хур æмæ дымгæ зæхх бахус кодтой. Быдыр цъæх адардта, фæзьшдысты быдыры дидин- джытæ. Ноггуырд райдзаст æрдз лæвæрдта ныфс Миндиашвилийы зæрдæйæн, æнхъæлмæ каст хуыздæр, рæсугъддæр фидæнмæ... Фæлæ та цымæ цæмæн афтæ æрæгмæ æрвитынц дзуапп æфсæнвæндæгты управлени- йæ? йæ фæстаг курдиат бæлвырд фыст куы уыди: хъуамæ йæ ацы хатт æндæр ранмæ аивой. Аграфенæ дæр а фæстаг заман йемæ тызмæг ныхас кæны. Афтæ куы уа, уæд æм, æвæццæгæн, никуал бадзурдзæн. Мартъийы бонтæй иуы Аргветы станцæйы цур æр- лæууыд цалдæр машинæйы хъæддзаумаимæ. Маши- нæтæ равдæлон кодтой, хъæддзаума станцæмæ хæстæг æрцамадтой. Уыцы бонæй фæстæмæ Аргветмæ цæуын райдыдтой машинæтæ фæйнæджытимæ, зестимæ, алы станоктимæ. Иухатт та станцæмæ æрбацыд товарон поезд. Вагæттæй исын райдыдтой цементы боцкъатæ, зæхкъахæнтæ, уæзласæн кранттæ. Поездтæ Аргветмæ ластой адæмы, машинæтæ, арæзтады æрмæг, фæстæ- 222
мæ та цыдысты афтидæй. Аргветы станцæйы цурæй ’æхсæвæй-бонæй хъуысын райдыдта хырхыты хъæр, дзæбугты къуырцц-къуырцц. Телеграфисты куыстыл дæр бафтыдис. Ахæм сахат нæ уыд, æмæ Аргветмæ телеграммæ кæд не ’рцыдаид. Арæзтадмæ сæ хæсгæ дæр Сандро йæхæдæг кодта. Хорз æм-иу каст быдырмæ рацæуын æмæ йæ цæст уы- цы стыр арæзтадыл ахæссын: йæ зæрдæ-иу барухс, арæзтады кусджытимæ-иу куыбаиуæмæ дзы искæйти- мæ куы аныхас кодта, уæд. Иуахæмы та Сандро телеграммæимæ фæцæйцыд арæзтадмæ. Иу ран кусджытæ асыччытæй истой ца- вæрдæр машинæйы хæйттæ. Сæ разы лæууыд æрыгон сылгоймаг. Уый цæмæндæр Сандромæ тынг зонгæ фæкаст, йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ йæ размæ ба- цыд. Уый уыди Елена. Елена дæр базыдта Сандройы æмæ йыл бацин кодта. — Базыдтай мæ? — цинæй амард Сандро, — æз та афтæ æнхъæлдтон æмæ мæ ферох кодтай. — Æмæ дæ куыд ферох кæнон... Æз дæуæй хæс- джын дæн. Уыцы æхсæв нæ куыд хорз сбуц кодтай! Цæй, ницы кæны, æз дæр дын дæ дзæбæхдзинæдтæ кæд истæмæй бафидин. Нырæй фæстæмæ арæх æм- бæлдзыстæм. — Ай-гъай, уæдæ куыд! — фæрухс Сандройы цæс- гом. — Ацы уалдзæг, æвæццæгæн, ам баззайдзынæ?! — Ацы уалдзæг цы у, ам куыстæн кæрон дæр куы нæ ис, уæд! Дæуæн дæр ныр бирæ куыст уыдзæн, æн- къард каенынмæ дæ нал æвдæлдзæн. Нал бауагътой Сандройы кæронмæ аныхас кæнын, станцæйæ йæм æрбарвыстой, тагъд, дам, рацу: тили- фонæй йæм дзырдта йæ хицау. — Миндиашвили дæ? Ды балæвæрдтай управлени- мæ курдиат? — Цавæр курдиат? — Æндæр ранмæ дæ цæмæй аивой, уый тыххæй. — Æндæр ранмæ?.. А-а, о, о, балæвæрдтон... — Гъемæ дæ ивынц. Райсом-иу æрбацу. — Нал хъæуы... Цы?.. Нал, зæгъын, цæуын! — удаистæй хъæр кодта Сандро трубкæйы. — Стæй мын 22а
рæстæг дæр нæй рацу-бацу кæнынæн. Ам куыстæй нæ дыууæ хъусмæ куы стæм. Фæлтау мæ æнцад мæ бы- наты ныууадзут! Трубкæйæ ма цавæрдæр æнахуыр хъуыр-хъуыр фе- хъуыст, стæй банцад. Сандро нырма ныр æрхъуыды кодта, телеграммæ фæстæмæ йемæ кæй рахаста, уый. Сандро вагонæй æддæмæ рахызт. Быдырæй хъуыс- ти машинæйы гуыв-гуыв, кæцæйдæр пыф-пыфгæнгæ цавта тæф. Æмæ ныр цымæ йæ сæры та ахæм ницæ- йаг хъуыды кæцæй фæзынд, зæххыл адæмæй дард, цардæй иппæрд рæттæ ис, зæгъгæ. Дардæй ауыдта Еленайы. Чызг лæууыд рæсугъд быдырон дидинæгау, уый уыд æхсидгæ царды уац- хæссæг, Сандро афтæ тынг кæмæ бæллыд, уыцы стыр царды уацхæссæг. Сандро йæ армыл алæгъз кодта æнцъылдтæ телег- раммæ æмæ арæзтадмæ азгъордта.
Лордкипанидзе Константин ГУРАГ ТАУРÆПЫ 1 Вагзалы решеткæйы æдде, сусхъæд бæлæсты бын, бадынц хъæууон устытæ, уæй кæнынц инжиры фæтæн сыфтæй æмбæрзт ног ахст цыхтытæ, саргъы ехсы хуызæн хъæддых гураг чучхелтæ, нырма ныр кæй æр- тыдтой æмæ сæ æрвхуыз цъæх фæлм кæмæн нæма схицæн и, сæнæфсиры ахæм дзаг пуцæлттæ. Æмæ цы нæ фендзæнис адæймаг уым, хъæдын дæлбазыры бын! Æргæвст кæрчытæ зæгъай, сæ фиу æддæмæ фæлдæхт, афтæмæй, сау стыр къупритæ зæгъай, æхсызгон тæф- гæнаг хачапъуритæ зæгъай... Æмæ постласæн поезды кондуктор Адейшвили Иликъо дæр, æвæццæгæн, уы- мæн кæсы ахæм фæлмæн цæстæй æнæбилет пассажир- тæм. Поезд кæм æрлæууы, уым, дæ зæрдæ цыдæрид- дæр зæгъа, уый хæрзасламæй æлхæныны бæсты æнæ- билет пассажиртимæ архай, станцæйы дежурнæмæ сæ кæн, дæ рæстæг дзæгъæлы саф — уый цас æхсызгон куыст у? Цырен арты æвзæгты хуызæн тагъд уайы Иликъо 1 «Гураг таурæгъæн» йæ бындуры ис æцæг хабар — дыууæ зæхкусæг лæджы 1892 азы Гуры ауыгъд куыд æрцыдысты, уый. А. М. Горький уыцы бон Гуры уыднс æмæ очерк ныффыста, дыууæ лæджы куыд æрцауыгътой, уый тыххæй, мыхуыр та йæ ныккодта 1896 азы газет «Нижегородский листок»-ы. 1892 азы А. ’М,. Горький ныффыста аргъау «Чызг æмæ Мæлæт». 16 Райдзаст’Гуырдзыстон 252
иу уæйгæнæгæй иннæмæ. Карк нард у æви нæ, уый базоныны тыххæй йын йæ базыртыл схæцы æмæ фæл- мæн пакъуы йæ тых-йæ бонæй ныффу кæны. Айк йæ армытъæпæны æрбакæны æмæ дзы рухсмæ акæсы; æвæдза, чысылдæр змæстхуыз зыны, уæд æй ницæй тыххæй балхæндзæн. Иликъо нозтмæ æмхиц у. Сæгæйдзаг ныллæггомау паровоз боныцъæхтыл, пыф-пыфгæнгæ, Рионы стан- цæйы куы æрлæууы, уæд Иликъо батагъд кæны, дон- дæттæн мæсыджы чъылдыммæ цы къуыбыр ис, уыр- дæм. Уым, æртæхæй хуылыдз кæрдæгыл бадынц хъæу- уон устытæ, нартхоры хъæдæй æхгæд дурынтæ сæ зæнгты æхсæн, афтæмæй. Кæрæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ, уыдон сæ зонгæ кондуктормæ бадаргъ кæ- нынц, къух ныхæсгæ кæуыл кæны, ахæм агуывзæтæ, змæстхуыз бæзджын маджарийæ седзæгтæй. Ноджы сæумæрайсом сæн аназын амы хуызæн æхсызгон ни- кæм у. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Иликъо ахæм станцæйы канд æнæбилет пассажиры нæ, фæлæ дзьш- къахæджы дæр ауагътаид. • Иухатт, поезд Гурмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд ревизор Иликъойы вагоны æрхæцыди æнæбилет пас- сажирыл — дзæгъæлхæтаг уыд æви куыстагур мæ- гуыр лæг, марадз æмæ йæ равзар. Ахст лæг лæууыдис тамбуры иу къуымы, йæ рус рудзынджы авгмæ бал- хъивгæйæ. Уыди мигъ бон, æмæ æддозгомау æрмæст чысылтæ зындысты рагон фидары фæлгонцтæ, иу ин- нæйы сæрмæ хизæгау. Иликъо, Гурмæ тагъддæр куы бахæццæ уаиккам^ зæгъгæ, нал хъæцыди. Цыдысты урсыкъуырийы фæс- таг бонтæ, æмæ йæ тынг фæндыди стыр мархойы рæс- тæгмæ иу дзæкъулы дзаг æнгузтæ балхæнын. Æмæ ныр мæнæ йæ фæндтæ хæлынц... Ревизор, кæрдойы æнгæсæнтæ конд нæлгоймаг, йæ рæсыдхуыз цæсгомыл цъæхбын тугдадзинтæ кæмæн ракъуыпп сты, уый, æнæбилет лæджырдæм амонгæйæ, пассажиртæн хъаст кодта, ай размæ æхсæв æй поез- дæй Хашурийы станцæйы ахизын кодтон, æмæ та уæддæр сбадти, зæгъгæ... — Кæд дзæбæхæй не ’мбарыс, уæд фæлæуу! — бартхъирæн æм кодта ревизор, стæй уæд Иликъомæ- 226
фæдзырдта æмæ йын цæхгæр загъта:—Куыддæр поезд Гуры станцæйы æрлæууа, афтæ ацы лæджы, кæдæм хъæуы, уырдæм бахæццæ кæн. Иликъо хорзау нал фæци. — Гъер ды æнæзонд нæ дæ! — зæгъгæ, бакасти æнæбилет лæгмæ. — Ревизоры фындзы бынмæ дын æнæ цæугæ нæ уыди? Фæндаггон уыд хосласæн хъилы хуызæн дæр- гъæй-дæргъмæ лæг, фæлæ фæтæнуæхск. йæ пæлæхсар шляпæйы бынæй ранæй-рæтты разындысты бурдзалыг даргъ сæрыхъуынтæ æмæ хæццæ кодтой суанг йæ дæр- зæг кæттаг хæдоны ихсыд æфцæгготмæ. Цырыхъхъы- тæ уыдысты хуынчъытæ, æмпъузинæгтæ. йе ’ккойы уыдис æфсæрст дзаг дзæкъул, æдде йыл хуызивд клеёнкæхуыд. Дзæкъул æй æппындæрнæ хъыгдардта, йæ хæдонæй уæлдай йын ницы уæз кодта. Хъæддых арæзт роцъо æмæ фæтæн уадулты тыххæй йæ цæсгом тызмæгхуыз зынди. Фæлæ йæ цæстытæ уыдысты зæр- дæхæлар адæймаджы цæстытæ, арвы цъæхы хуызæт- тæ, уыдон фæлмæн худт кодтой æппæт дунемæ дæр æмæ йын бирæ цыдæртæ барстой. Пассажиртæ йæм куыд тæригъæдгæнæгау цæстæй кастысты, уымæй æнæбилет лæг бамбæрста, поездæй ахизын кæныныл æй кæй нæ ныууадздзысты, — йæ хъуыддаг, æвæццæгæн, æвзæрдæр кæй рауайдзæнис. Фæлæ йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Бæрæг уыд, лæг уыйас никуыдæм тагъд кодта, æрмæст уыдис фæл- лад. Æмæ цалынмæ ревизор æнæмæт кондукторæн уайдзæфтæ кодта, уæдмæ фæндаггон лæг æнцад лæу- уыд, къулыл банцойгæнгæйæ, стæй, поезд куы æрлæу- уыдис, уæд, æнæисты дзургæйæ, Иликъойы фæдыл коммæгæсхуызæй араст. Вагонырдæм æрбакалдысты ног пассажиртæ, фæлæ сæ мæстджын кондуктор фæйнæрдæм асхуыстытæ кодта æмæ æнæбилет лæгимæ рахызти. Кондуктор рагацау хъуыдытæ кодта, станцæйы дежурнæйæн цы- тæ хъуамæ зæгъа, цæмæй мæнæ ахæм хабедзентæ æп- пындæр мауал уæндой æнæ билетæй поезды бадын æмæ кондуктортæн сæ сызгъæрин рæстæг дзæгъæлы сафын. 227
Уыцы хуызæнæй фæцæйцыдысты. Æдде бакæсгæйаё афтæ зынди, цыма сæ алчидæр йæхицæн афтæ загъта: цæй, ныр гæнæн нал и, мæхинымæр цы фæндтæ код- тон, уыдонæй мын ацы райсом ницуал рауайдзæн. Фæлæ Иликъо æвиппайды йæхимидæг батыхст. Вагзалы быруйы æдде, тæссонд хъæдын тæрхæджы- тыл уый ауыдта гуыбынджын чыргъæдтæ. Гурмæ хæс- тæг цы ирон адæм цæры, уыдон стыр мархойы размæ ахæм чыргъæдты ардæм уæймæ æрбаласынц хъуыст- гонд цхинвалаг æнгузтæ. Иликъо йæхимидæг æваст алыг кодта, æз дарддæр нал ацæудзынæн, зæгъгæ. Фæлæ та уыцы уынаффæйæ дæр фæтыхст, ома зæр- дæмæ хæссинаг хъуыддаг кæнынмæ хъавын, зæгъгæ. Æрлæууыдис, æнæбилет фæндаггонмæ бакаст æмæ йын фæлмæнæй загъта: — Мæлæты даргъ нæ дæ, хæйрæджыты амæттаг фæуай! Æмæ æцæг, фæндаггон лæг вагоны куыд уыдис, уымæй ныр ноджы даргъдæр зынди. Кæннод цавæр фæндæгты рыг не сбадти йæ цырыхъхъытыл, йæ уæ- лæдарæсы æнцъылдтыл. Йæ цæсгомы цъар — хус, дæрзæг, — бæрæг уыд, быдираг тыхджын дымгæтæ йæ арæх кæй хостой, стæй йын-иу къæвда рæстæг алы хатт сæрфæцæвæн бынат дæр кæй нæ уыд, уый. — Цу, ме’фсымæры хай, дæ фæндаг дар.Æрмæст, хъусыс, ацы поезды бадын фæнд макуал скæн, — са- быргай ма бафтыдта Иликъо йæ ныхасмæ æмæ, йæ цæсты зулæй йæхи вагонырдæм бакæсгæйæ, тагъд- тагъд быруйы мидæгæй фæци. Фæндаггон йæ фæдыл худæндзастæй акаст, æмæ уæд йæ цæстытыл фæбæрæг и ноджы фылдæр зæр- дæхæлардзинад æмæ æнкъарддзинад. Фехъуысти дзæнгæрæджы æртыккаг цагъд. Иликъо лæф-лæфгæнгæ æрбазгъордта вагонмæ. Иæ цæсгом уыди тынг цинхуыз, цыма уыцы сахат судæй стыр хъуыддаг рамбылдта, уый хуызæн. Дзæкъулы сæр-сæр кодтой æнгузтæ. Поезд араст. Иликъо, вагонмæ схизæн къæп- хæныл лæугæйæ, райхæлдта кæрдæгхуыз чысыл ты- рысагонд æмæ йæхимидæг цавæрдæр зарæг бахъуыр- хъуыр кодта. 228
Донисæн мæсыггонды æддейæ йæм фæзынди пæ- лæхсар шляпæ. — Э-гъе-гъе! — ахъæр æм кодта кондуктор æмæ тырысагонд батылдта. Фæндаггон лæг тырысайы змæлд нæ бафиппайдта, кондукторы хъæр нæ фехъуыста — поезд уыцы ран тынг гыбар-гыбургæнгæ згъордта. Лæг фæцæйцыд æнцадгай, чысыл гуыбыргæнæгау, цыма арвыл йæ сæр скъуырынæй тарсти, уый хуы- зæн. 2 Уыцы аз уалдзæг Гурмæ раджы æрцыди. Урсы- къуырийы бонты дидинæг рафтыдтой алтъамитææмæ миндальтæ. Кæрдæгзæххæй уæлæмæ бырста, дæлвæз- тæ ног цъæх дарæсæй фæлындгæйæ. Буреты хохы фахсæй згъордтой тайæг миты дæттæ. Иуæй-иу лæн- чыты ма цъæх дардта мит дæр. Адæймагæн йæ был- тыл сыджыты тæф уайын байдыдта. Æххормаг мæргътæ-иу ног фæлдæхт зæххыл уайтагъд фæтъæ- пæи сты. Къуары дон цыди змæстæй, фæуæззаудæр и, зы- ланг нал кодта. Фæндаггон лæг йæ рæмбыныкъæдзтæй æрæнцой кодта хиды тæссонд гæзæнхъæдыл... йæ цæстытæ ба- цъынд кодта æмæ доны уынæрмæ хъуыста. Афтæмæй, цы стыр донмæ хæстæг райгуырд, уый былгæрæттæ йæ цæстытыл хуыздæр уадысты. йæ цæстытæ ракæсын нал куымдтой. Цæмæн аф- тæ уыдаид? Дысон-бонмæ кæй нæ бафынæй, уый тыххæй æви, хур æгæр раджы кæй æрындæвта, уый тыххæй? Дæ къух уæлæмæ сиваз — æмæ дæ дыс хуры тæвдæй айдзаг уыдзæн, дæ худ сис — уæд та æфцæг- готæй буары æхсæнты згъоры. Хуыссæг ыл стых- джын... Уый та цæуын уарзта — æдзухдæр бæллыди, кæм нæма уыдис, уыцы горæттæ фенынмæ, уæды онг кæуыл нæма сæмбæлд, ахæм адæймæгтимæ аныхас кæнынмæ. Уый тынг зонынуарзаг уыдис. Æмæ, æвæццæгæн, гъеуый тыххæй афтæ бирæ хатти дунетыл, кæм ыл- 229
иу бахсæв, уым баззайгæйæ, алкæмдæр йæхицæн хæ- лæрттæ аргæйæ. Уый æмгæрон дæр нæ цыдис, йæ быу- уат, æгомыгхайуанау, чибауарзта, йæсæрдæр чи не схъил кæндзæн, цыппæркъахыг фосæй уæлдай чи нæ у, ахæм адæммæ. Ахæмты раз зæрдæ æнкъард кæны. Æмæ уый та гъеуыцы æнкъарддзинадæй фæлыгъд. Чи зоны, хуыздæр не ’ссардзынæ, фæлæ уæддæр зæрдæ æдзух хуыздæрмæ бæллы, хуыздæрмæ тындзы. Æмæ уый руаджы адæймаг кæны сыгъдæгдæр, уæнг- рогдæр. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма йæ ацы ду- немæ, змæст доны ацудас куыд ныппарынц, афтæ баппæрстой, цæмæй асыгъдæг кæна, æнæуаг, цъам- мар чидæртæ цыдæриддæр счъизи кодтой, сæ къæхты бын цыдæриддæр сæууæрстой, уыдон иууылдæр. Æмæ йæм уæд дуне дæр æндæрхуызонæй фæзыны, йæ ногæй, йе ’взонджы бонты цы хуызæн хъуамæ уы- даид, ахæм хуызы. Адæймаг цингæнгæйæ фæкæсы ди- динджытæм, дæлвæзты цъæх-цъæхид дарæстæм, лила- хуыз ахуырст къуылдымтæм, кæсы сæм, цыма сæ уæды онгникуы ничи федта, уыйау. Æмæ сылгоймаджы дæр фæуарзы, цыма йæ уæды онг никуы ничи уарзта, уый хуызæн. Æмæ хæлардзинадыл дæр цин кæны, цыма адæймаг адæймагæн æппындæр знаг никуы уыдис, уыйау. Ахæм зæрдæ йæм вæййы, æмæ уæлæрвты цы дыгоппон пæр-пæр кæны, уымæн сæмдзæгъд кæнид, хуры скастæн йæ сæрæй ныллæг акувид, алцæуыл дæр дис кæнид, раст цыма дуне абон уымæн йæхи цæстыты раз сфæлдыстæуыд, цыма адæймаг хуыцауы фарсмæ лæууы, уыйау. Афтæ хъуыдытæ кодта, хидыл лæугæйæ, сæнтты аныгъуылын уарзаг фæндаггон, дунейыл æнæ бæрæг донвæд сахайау чи хаттис, уый. Касти Хидистъавы цæхæрадæтты урс пакъуымæ, æмæ йæ зæрдæмæ æнцадгай баввахс и æрхæндæг- дзинад. Кæцæй æмæ цæмæн уыд уыцы æрхæндæгдзи- над? Кæд миййаг уымæн, æмæ бæлæсты фыццаг ди- динæг рафтыд кæддæриддæр зæрдыл æрлæууын кæ- ны тынг рагон, нæрохгæнгæ хъуыддаг, адæймаг дык- каг хатт кæй нæуал бавзардзæн, ахæм цыдæр?Кæд, миййаг, йæ сывæллоны бонтæ? Ие та йæ фыццаг уар- зондзинад? <230
* * Фидары сæрмæ цы мигъ уыд, уый ахæлиуис. Фæн- даггон лæг кæсынтыл фæци мæсгуытæм, сæ систы цы бирæ топпуадзæнтæ уыд æмæ дардмæ бирæгъы дæн- дæгты хуызæнæй чи зындис, уыдонмæ. Æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæууыдысты рагон галуантæ æмæ мола- дзандонтæ, Гуырдзыстоны зæронд хæстон фæндæг- тыл кæй федта, уæлæрвтæм быцæуæвæрды хуызæ- нæй, уыдон. Уыцы агъуыстытæ цæмæйдæр зæрдыл лæууын кодтой уарийы тахт, йæ цæрдæгдзинад. Мцы- рийы моладзандон, Хертвисийы мæсгуытæ, Тмогвийы цъупп, домбайы сæры æнгæсæнтæ арæзт — уыдон се ’ппæт дæр сиу сты сæ алфамбылай æрдзимæ, тызмæг къæдзæхтимæ, дæлвæзты хъæдабæйау фæлмæндзи- надимæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма уыдон иууыл- дæр гъеуыцы хуызæнæй зæххæй сзадысты, цыма æрдз дæр æмæ агъуыстытæ дæр иу гæрзарм лæджы къухæй конд сты, æмæ сæ уый скодта, арвыроны ахо- рæнтау кæрæдзийæ æнæфæхицæнгæнгæ куыд уой, афтæ. Фæндаггонæн йæ зæрдæ рухс кодта уыцы сфæл- дыстадон фæткæвæрдæй, æрдз æмæ адæймагæн сæ куыст æмзонд, æмзæрдæйæ кæй цæуы, уымæй. * Лæг горæтмæ бацыди, фæзы гутон чи кодта, уыцы зæхкусджытæ стыр аходæн афон сæ галты куы уагъ- той, уæд. Хæдзæрттæ уыдысты чысылтæ, дурæй амад, алы хæдзарæн дæр йæ алыварс дыргъдзæхæрадон. Къалиуты æхсæнæй зындысты рæсугьд арæзт хъæдын балкъонтæ, æнахуыр нывæфтыдтимæ. Цæджындзты нывæфтыдтæ йæм фæкастысты змæлгæ сыфтæрты аууæтты хуызæн. Карнизтæ — кружавайау рог. «Бирæбалкъонджын бæстæ», — æрлæууыдис йæ зæрдыл, кæддæр Гуырдзыстонмæ хаст чи æрцыд, уы- цы уырыссаг поэты ныхас. Фæндаггон лæг йæхинымæр дис кодта, ацы тыгъд балкъонтæ цæрынæн куы нæ бæззынц æмæ сæ дзау- 231
матæ дæр куы ницы зыны, уæд цæмæн хъæуынц, зæгъгæ. Æнæуи та, хæдзар æнæхъæнæй цас ахсы, уы- мæй фылдæр бынат куы ахсынц. Уый агъоммæ бон Ташискъарийы æдде кæуыл амбæлдис, уыцы уæр- донджыны бафарста: — Ацы балкъонтæ цæй тыххæй арæзт сты? — Нæ зонын, хуыцауыстæн, — дзуапп радта лæг. — Афтæ, искуы-иу хатт дзы абад æмæ дунемæ акæс. Уыцы дзуапп фæндаггоны зæрдæмæ фæцыд. Æцæг афтæ у, ахæм диссаджы æрдз адæймаджы фæлгæсын ахуыр кæны. Уыдис урсыкъуырийы сабат. Афтæмæй уынгты иу цъиутæхæг дæр нæй. Æрмæст иу цавæрдæр чысыл дуканийы къæсæрыл йæхицæн æрбынат кодта расыг лæг. йæ сæр æруагъта, йæ къухтæ йæ уæрджыты æхсæн æрдзедзыкка сты, афтæмæй заргæ кодта æви кæугæ, уый бæрæг нæ уыд. Дуканитæ æхгæд уыдыс- ты. Фæндаггонмæ цыдис иучысыл исты ахæрын, фæ- лæ иу харчевнæ дæр не ’ссардта. Æмæ хуссайраг го- рæт афтæ æнæзмæлæг кæй уыд, уый йæм диссаг фæ- каст. йæ цæст ахаста тъæпæн уæлхæдзæрттыл, ба- хоста, фæздæг кæцæй цыдис, цалдæр ахæм хæдзары дуары: кæд миййаг къухы бафтид фæндаджы аргъ бакусын, цæмæй йæ Калакмæ фистæгæй цæуын ма бахъæуа, уый тыххæй. Фæлæ йын æгæр-мæгуыр рæст- мæ дзуапп дæр ничи лæвæрдта, æрмæст ын-иу сæ къухты змæлдæй рудзынгæй ацамыдтой, «цæугæ дарддæр!», зæгъгæ. Горæт æдзæмæй лæууыд. Уыцы æнцаддзинадмæ гæсгæ фæндаггон лæг йæхæдæг дæр архайдта æнæуы- нæр цыд кæныныл. Уынгтæ уыдысты хаст хъæуы хуызæн. Æмæ дзы раст цыдæй цæуын зын уыди. Ацы фидар фенын хъæуы, зæгъгæ, фæндаггон лæг иу нарæг уынджы сындæггай схæрд кодта. Уынг аф- тæ нарæг уыд, æмæ дзы дыууæ хæлары куы сæм- бæлдаиккой, уæд, уынджы фæйнæфарс лæугæйæ, кæ- рæдзийы къухтæ æнцонæй райстаиккой. Фæндаггон уыцы нарæг уынгæй куы ахызт, уæд йæ хъустыл кæуын ауади. Бæласы бын лæууыд* иу- фондзаздзыд сывæллон, æрмæст ын йæ бичъы онг чи 232
хæццæ кодта, ахæм хæдоны мидæг, æмæ йыл иу-дæс хъазы хъæргæнгæ æрæмбырд сты. Хъазтæ йын йæ гыццыл къухтæй ратонынмæ хъавыдысты сау дзулы карст. Сывæллон дзул йæ бæгънæг гуыбынмæ бал- хъывта, афтæмæй цъæхахстæй куыдта: алидзын нæ уæндыд, фæлæ йæ йæ дзулы хай раттын дæр нæ фæн- дыдис. Фæндаггон лæг хъазты асырдта. Сывæллон уаи- тагъд йæ кæуынæй банцади, чъизи тымбылкъухæй йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ æнæзонгæ лæгмæ къæм- дзæстыгхуызæй бахудт. — ’ Гъа, — зæгъгæ, йæм хъазты хæрд дзулы карст бадаргъ кодта. Æввахсдæр сæм цы кæрт уыд, уымæн йæ къæлит- кæ фегом ис, æмæ æрыгон сылгоймаг, уирагдурæй конд сосæйыл къупп-къупгæнгæ, сывæллонмæ æр- бауад. — Адæм кæм сты, адæм? — бафарста фæндаггон. — Адæм, зæгъыс? — сдзырдта сылгоймаг, сывæл- лоны йæ хъæбысмæ систа æмæ æнахуыр лæгмæ æн~ къардæй бакаст. — Адæмы, мæ хæдзар, ауындзгæ кæнынц, — сабыргай ма загъта сылгоймаг æмæ йæ къухæй фидарырдæм ацамыдта. 3 Дардæй ферттывтой каубыруйы хуызæнæй дже- богътæ. Фæндаггон ма иучысыл куы ауадис, уæд ауыдта æртæ сау ауындзæны, сæ бынмæ фаджыс æмæ хъæмпы фæлхæрттæ. Стражниктæ ардæм æр- тардтой алфамбылайы хъæуты цæрджыты. Адæмы æнæбанцайгæ ныхас, сæ гуыв-гуыв куы сабырдæр код- та, куы тыхджындæр, денджызы уылæнты уынæрау. Хæстæгдæр агъуыстыты уæлхæдзæртты æмæ хохы цæгатварсыл адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. Фæндаггон лæг йæ хызыныл уæлдæр схæцыд æмæ йæ рæмбыныкъæдзтæ размæ фæцарæзта, ар- мукъаты-иу куыд кодта адæмы æхсæнты быргæйæ, афтæ. Зæхкусджытæ уайтагъд фæйнæрдæм алæууы- дысты æмæ йын фæндаг суæгъд кодтой. Ауындзæн- 233
тæм хæстæг лæууын, æвæццæгæн, сæ зæрдæтæ нæ куымдтой. Æмæ-иу фæстæрдыгæй исчи размæ быр- сын куы райдыдта, уæд-иу æнæзивæг фæйнæрдæм алæууыдысты. Уыдоны æхсæнты цæугæйæ, фæндаггон банкъардта: адæмæн се 'уæнгтæ цыма æндзыгау ныйисты. Æмæ цæмæн афтæ уыд, уый æмбæрста. Фидары алфамбылай арæзт сыджыт æмбонды фах- сыл цыма адæм къаддæр уыд, афтæ Ææм фæкаст, æмæ уыцырдæм фæраст и. Хæрды цæугæйæ йæ къæх- тæ бырæгау кодтой, æмæ-иу дуртæ дæлæмæ атыл- дысты. — Гъей, гъей! — хъæр æм кодтой æмбонды рæ- бын лæуджытæ æмæ-иу иуварсырдæм сæхи аппæрс- той. Уыцы ран сæ дзолгъо-молгъойæ не ’нцадысты ба- зармæ æрбацæуæг адæм. Къæйдуртыл. лæууыдысты базаргæнджытæ, сæудæджергæнджытæ, хæрзхъæд тæбын дарæсты, сæ къухтæ сæ риутыл дзуарæвæр- дæй. Фæндаггон йæ фæллад суадзыны тыххæй æр- лæууыд иу хæлд гæнахы рæбын. Дæлдæр къахвæндагыл фæзындысты скъоладзау- тæ. Дыгæйттæ-дыгæйттæй уыдон цыдысты, сæгъы боцъойы хуызæн зачъетæ кæмæн уыд, ахæм лæджы фæдыл. Лæг уыдис тынг цола, æлхуийы хуызæн лыс- тæджытæ арæзт. Скъоладзаутæ йæ фæдыл цæрдæг уадысты æмæ хъæлдзæг ныхас кодтой. Уыдон уыдысты дины скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Инспектор сывæллæтты ракодта, ахст лæгты куыд ауындздзысты, уый фенынмæ, цæмæй хицауад сæ цæсты кадджындæр уа æмæ хъыпп-сыпп скæнын дæр ма уæндой, уый тыххæй. Инспекторыл уыдис йæ бæрæгбоны мундир; йæ галиу къухæй хæцыди шпагæйыл æмæ, раст цыма ныртæккæ йæ уд йæ буарæй фæхицæн уыдзæн, уыйау тыхджын сым-сым кодта. Фæндаггон лæппулæг сывæллæтты куы ауыдта, уæд йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты. Фæкомкоммæ ис иу саулагъз скъоладзаумæ. Уый архайдта ,йæ къух йе ’мбалы къухæй феуæгъд кæныныл, фæлæ æмбал худ- 234
ти æмæ йын йæ цæстытæй инспектормæ амыдта. Саулагъз лæппу афтæ хъазынæй куы сфæлмæцыдис, уæд йæхи атыдта, уайтагъд адæмы æхсæн скуыси æмæ нал разынд. Чысыл фæстæдæр фахсыл фæцæй- згъордта. йæ къæхтыл уыди хорз хуыд цырыхъхъы- тæ. Лæппу минутæн фæкæс-фæкæс кодта, цыма, мæсыджы размæ цалынмæ згъора, уæдмæ уым, фæ- зы, миййаг исты куы æрцæуа, уымæй тарсти, уыйау. Лæппуйы ныхыл-иу æрхаудис хивæнд бецыккæмæ та-иу æй лæппу иуварс акодта. йæ цæстæнгас уыдис, цыма ныртæккæ кæмæдæр йæ цæст хинæйдзагхуызæй æрныкъулдзæн æмæ ныккæл-кæл кæнынмæ хъавы, уый хуызæн. Инспектор сывæллæтты сæмбырд кодта мæсыджы рæбын. Æмæ куыддæр æрбадти, афтæ пæлæхсар худ- джын лæппулæг йæ разы фегуырд. — Уалдзæджы тæф сæ былтыл ауад, фæзындыс- ты та... — бахъуыр-хъуыр кодта инспектор æмæ йæ дзыппæй æрхуы æхца систа. Фæлæ æхца раттынмæ йæ къух куыд бадаргь код- та, афтæ йын ауыгъдæй баззадис. Нæ, нæ, æнæзонгæ лæппулæджы æмбаргæ æмæ домаг цæстытæ мæгуыргуры каст нæ кодтой. Æмæ уæд инспектор æрбамæсты ис. — Уæдæ дæ цы фæнды, уый нын, дæ хорзæхæй, зæгъ, — хынджылæггæнæгау загъта лæг æмæ дурыл дзæбæхдæр æрбадти. — Сывæллæтты цæмæн æрбакодтай? Тæригъæд сты, — цыма уыцы сахат цыдæр йæ зæрдыл æрбалæу- уыдис, уыйау сабыргай сдзырдта лæппулæг. — Цы загътай, цы-ы-ы? — йæ кæсæнцæстыты сæр- ты йæм хæрдмæ скаст инспектор. йæ къухæй аца- мыдта ауындзæнтæм: — Бунт кæнынмæ хъавыс?Дæу дæр уырдæм бафæндыди? —. Сывæллæтты ардыгæй акæн, ма сæ хал! — фи- дарæй йæ ныхас кодта æнæзонгæ лæппулæг. Сывæллæттæ, ныхас цæуыл цæуы, уый куы бам- бæрстой, уæд æнахуыр лæппулæгмæ тигъмæ кæсын байдыдтой. Уалынмæ сæм фехъуысти: — Æмæ ды та чи дæ? Куыд уæндыс ды? Æз дын ныртæккæ... — Инспектор фæгæпп кодта, йæ тымбыл- 235
къухтæ стылдта. Уыцы сахат æм чи бакастаид, уый йæ худын нал баурæдтаид, уымæн æмæ инспектор æлхуийы хуызæн цола уыд, стæй йæ къухтæ куы æр- батымбылтæ кодта, уæд уыдон дæр чысылтæ уыдыс- ты, карк фæстагмæ цы айк æрæфтауы, уый хуы- зæттæ. — Æрбакæнынц сæ! — фæхъæр кодта чидæр. Æмæ къуыбырыл чи лæууыд, уыдон æмхуызонæй фезмæлыдысты, схылы-мылытæ сты. Адæм ныххæр- рæтт кодтой, инспекторы кæдæмдæр иуварс ассыдтой, æмæ уæд скъоладзаутæ дæр фæйнæрдæм ныххæлиу сты. Хорз бон скодта. Къуары доны былæй сыджыты æмæ хуылыдз хъæдты тæф цыди. Уыцы тæф ахæм тыхджын уыдис, æмæ уæлахиз кодта, уалдзыгон ди- динæгæй урс-урсид чи адардта, уыцы цæхæрадæтты адджын тæфыл дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу цæхæрадæтты бæлæстæн сæ къалиутæ æваст фестъæлфыдысты. Уый дымгæйæ нæ уыд. Къалиутæ змæлыдысты, сæ къуыпатæ тъæп- пытæ кæй кодтой, уый тыххæй. Арв суанг къахыртæ хæхты онг дæр уыдис æнцад, сыгъдæг. Ахæм арв искæд >бон мигътæй æхгæд æрцæуа, уый адæймаджы уыцы сахат нæ бауырныдтаид. Къуа- ры доны былгæрæттæ миндалы æмæ æхсынцъыйы ди- динæгæй зынгæ дæр нæ кодтой. Рагуалдзæджы рог ауæттæ æнахуыр змæлд кодтой хæдзæртты сыджыт- къултыл. Фæндаггон лæппулæджы балхъывтой гæнахы къулмæ. Уæле йæ шляпæйыл хуыр æрызгъæлд. Лæп- пулæг тыххæй-амæлттæй хæрдмæ скасти. Саулагъз чысыл лæппу амæлттæгæнгæ сисыл хæрдмæ хызти, йæ къах-иу сисы сынæгмæ фæцарæзта/ фæлæ та-иу фæ- бырыд. Æппынфæстаг фæцарæхст, йæхи сивæзта æмæ хъæддаг инжиры хус къалиуыл фæхæст. Уæлæмæ сбы- рыд, йæ уæрджыты рыг ацагъта, фæйнæрдæм акæс- тытæ кодта. Бынæй йæм йе ’мбæлттæ хæлæггæнгæ кæсынц, уый куы бафиппайдта, уæд сæм йæ цæст æрныкъуылдта. 236
Æвиппайды дардæй æрбайхъуысти хъадаманты дзæгъ-дзæгъ. Адæм фæхъус сты, уæрцц йæ сæрмæ цъиусуры аууон тæхгæ куы бафиппайы, уæд куыд ныссабыр вæййы, афтæ. Дзæгъ-дзæгъ тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Хъа- даманты дзыгъал-мыгьулæй æппæт дунейы уынæр дæр бамынæг и. Нарæг уынджы фисынæй æрбазынди иу лæг, йæ уæлæ сæнтсырх хæдон. — Дæлдзæх æрбау! — фæхъæр кодта иу сь;лгой- маг æмæ йæ цæстытæ кæлмæрзæнæй амбæрзта. Лæгмарæн йæ сырх хæдон хæццæ кодта йæ уæр- джытæм. йæ лакированный цырыхъхъытæ хурмæ цы- дæр æнахуыр æрттывд кодтой. Лæгмар йæ рахиз къахæй чиуæгау цыд кодта, — цырыхъхъы мидæг æй зæгæл хъыг дардта, — æмæ-иу йæ фæстæ æдзæмæй чи цыд, уыцы ахст лæгтæм хъуынджынæрфыгæй ракаст, цыма йæ цырыхъхъытæ уыдоны хуыд уыдысты, уы- йау. Хъадаманæвæрд зæхкусджытæ цыдысты иу иннæ- йы фæдыл. Разæй — Сандро Хубулури, бæрзонд, фи- дæрттæ арæзт лæг. йæ фæтæн уæхсчытыл хорз фи- дыдта урс фысдзæрмттæй хуыд кæрц. Уæрæх сау хæ- лафы фадгуытæ уыдысты рæсугъд фæсмын цъындаты мидæг тъыст. Хубулури фарон йæ фыдбылызæн Ручъы галуаны раз дугъы фæразæй ис, Мачъабел-кънйазы йæ фæстæ фæуагъта. Кънйаз ма йæ номдзыд дугъоныл хъæртæ кодта, куы та йьш-иу лæгъстæ байдыдта, фæлæ Ху- булурийы бæхы хъæддых баст къæдзил æдзухдæр уыдта йæ разæй. Æмæ кънйаз йæ маст систа: дыккаг бон Хубулури- йы куырд усы аскъæфта æмæ дзы фæхынджылæг кодта. Хубулури æмæ йæ кæнгæ æфсьимæр Тъатъе Джио- швили уыцы хабар фехъуыстой быдыры уæвгæйæ. Уæд уыдон сæ дзывыртæ ныууагътой, цъаммар кънйазы амардтой æмæ хъæдмæ алыгъдысты. Æртæ волосты урядниктæ архайдтой уыдоны æр- цахсыныл. Æппæт фæндæгтыл æмæ цæуæнтыл хъахъ- хъæнджытæ æрæвæрдтой, æнхъæл уыдысты — сæ сæр- 237
ты маргъ нал атæхдзæн, сæ рæзты калм нал абыр- дзæн. Фæлæ-иу лыгъд лæгтæ, арвыæрттывдау, асыф- фытт ластой. Уезды хицаумæ уыцы хъуыддаг хардзау каст, æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæууыдис, бирæ хæттыты кæй ба- фæлвæрдтой, ахæмхин ми: кънйаз хынджылæг кæмæй фæкодта, уыцы чызджы æрцахсын кодта. Уый йæ зæр- дæ ууыл дардта, æмæ ома сылгоймаг амы зæхкус- джыты цæсты куыд кадджын у, уымæ гæсгæ Хубулу- ри æнæ фæзынгæ нæ фæуыдзæн. Æмæ уымæй нæ фæрæдыдис. Йæ куырд усы ахæстонæй рауадзын кæныны тых- хæй Хубулури æрцыд æмæ йæхи радта... * * Ныртæккæ уый цыди рог къахдзæфгæнгæ, цыма зæххыл æндзæвгæ дæр нæ кодта, уый хуызæн. йæхи- вæнд арæзт ных, фæтæн æмæ уирагдурау хъæбæр уа- дултæй бæрæг уыд, уыцы лæг æнæфæтасгæ стыр ныф- сы хицау кæй уыдис. Æнцад-æнцойхуызæй уый ныр кодта йæ’ æнæфæ- рæстмæ царды фæстаг къахдзæфтæ. Тъæпæн уæлхæдзæртты сæр бадтысты чызджытæ. Хубулури бафиппайдта, чызджытæ, уымæн тæригъæд- гæнгæйæ, сæ сæртæ куыд батилынц æмæ кæрæдзийы хъусы цыдæртæ куыд дзурынц, уый, æмæ уæд фæ- хъæлдзæгдæр и. йæ пыхцыл сæрæй ауындзæнырдæм ацамыдта æмæ сæм схъæр кодта: — Чызджытæ, мæ хур акæнат, æз цæуын «лекъу- ри кафынмæ!» Уæд та иумæ акафиккам? — Мæгуыр йæ бон дæ мадæн! — æрхъæр æм код- та чызджытæй иу. — Цæмæн, мæ удыгага, цæмæн? Мæгуыр дæ мад у, мæ хуызæн сиахс кæмæн нал уыдзæн! — дзуапп радта Хубулури, æмæ йæ æвæлмас цæсгомыл фæбæ- рæг ис мидбыл худт. Уый фæстæ фæкомкоммæ иу сырхбæрзæй ба- заргæнæгмæ. Лæг лæууыди дроджы сæр, йæ къухда- рæнджын дынджыр æнгуылдзтæ йæ фæсрон тъыст, аф.тæмæй. 238
— Пиран-джан! — зарæгау даргъ ауагъта Хубу- лури. — Тагъддæр-иу амæл. ыУм сæмбæлдзыстæм æмæ дæ цы дарын, уыдон дын уыциу фыст бакæн- дзынæн: мæ хæс дæр æмæ йæ проценттæ дæр. Къупецаг фыццаг фæджихау ис, фæлæ уайтагъд фæцарæхст æмæ йын нозтвæллад хæр-хæргæнаг хъæ- лæсæй дзуапп радта: — Уый мæт дæр кæныс, Сандро-джан! Уым мæ фыдыл амбæлдзынæ æмæ сæ-иу уымæ ратт. — Кæсут-ма ацы куыдзы хъæвдынмæ, куыд сзæр- дæхæлар и! — фæлмæн бахудти Хубулури. Уый афтæ зæрдиагæй бадис кодта, æмæ ма суанг хъуынтъыз æмæ æдзæмæй лæууæг зæхкусджыты цæс~ гæмттыл дæр мидбыл худт фæзынд. Ноджыдæр ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд Хубу- лури, фæлæ йын хъахъхъæиæг салдат топпысыдз йæ тæккæ риумæ бахаста. Хубулури йæ хъæддыхарæзт хус былтæ мæстыхуызæй базмæлын кодта, фæлæ ни- цуал сдзырдта. Æрмæст фæзмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд Хубулури хорзау нал уыд. Иæ цæстытæ радав-бадав систа адæмы тыгуырыл, уыцы уазалзæрдæйæ лæу- уæг салдæттытыл. Кæй агуырдтой йæ цæстытæ, кæ- мæн балæвар кæнынмæ хъавыдис йæ фæстаг фæ- каст? , Хубулурийы фæстæ цыди Джиошвили Тъатъе. Уый дæр кæддæр уыдис уæрдоны сæмæнау фидæрттæ арæзт лæг. Фæлæ йын æнæхуыссæг æхсæвтæ йæ хъару асастой. Йæ цæстытæ мидæмæ бахаудысты, лæг афтæ сцола ис, æмæ йæ цинел йе ’уæхсчытыл æнцъылдтæ кодта. Тъатъейæн йæ къæхтыл уыдис хуынчъытæ къогъодзитæ, æмæ-иу йæ къах кæм æрæвæрдта, уым- иу фæсалы муртæ аззад. Лæг йæ бурхил сæр дæлæмæ æруагъта æмæ, цæ- мæй йæ хъадаман тынг ма дзыгъал-мыгъул кодтаид, уый тыххæй йыл уæлæмæ схæцыд. Бæрæг уыд, йæ зæрдæ кæй асаст æмæ йæ хъус кæй ницæмæуал дары, уый. Джиошвили адæмы куы ауыдта, уæд иучысыл йæхиуыл схæцыд. Фæлæ дзы хъару нал уыд. Ногæй та йæ сæр æруагъта æмæ цыдис уæнгмард цыдæй. Уын- 239
джы йæ дзыхæй иу дзырд дæр не ’схауд, Æрмæст иу- нæг хатт, Хубулури чызджытамæ куы ныхас кодта, уæд йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд, æмæ йæ æнæтуг цæсгом иуцъусдуг бахудызмæл кодта. Æртыккаг... Ай та кæцæй фæци?! Зноны газетты фыст уыдис, зæгъгæ, Гуры фидары, дзыллæты раз, ауыгъд æрцæудзысты дыууæ «абырæджы», æмæ пълотниктæн дæр амынд уыдис æрмæст дыууæ ауын- дзæны скæнын. Æмæ ма уæд знонæй абонмæ цы ногхабар æрцыд? ... Зæхкусджытæй æгæр бирæтæ лыгъди хъæдмæ. Æппæты фыццаг-иу алыгъдысты, йæ къонайы арт раздæр кæмæн бахуыссыди, уыдон. Сыгъдæг кодтой сæ берданкæтæ, æнхъæлмæ кастысты хъæды бæдæс- тыл сыфтæр фæхæцынмæ. Æмæ æнæсæттонты фæ- тæрсын кæныны тыххæй уезды хицау Гуры æрца- разын кодта æхсидæвты хуызæн сау дыууæ ауын- дзæны. Ауындзæнтæ саразын кодта æмæ сын сæ фарсмæ слæууын кодта «тæригъæдгæнæг зæды», цæмæй зæх- кусджытæн се ’мбæлтты ауындзын куы райдайой, уæд-иу æнæдзургæйæ сæ къухтæ сæ дзыппыты ма æр- батымбылтæ кæной. Æнæмæнг афтæ кæй кæндзысты, уый та хицауадæн хъуыстгонд æрцыд. Гъемæ уезды хицау дысон æхсæв ныхас кодта, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæй ласгæтæй чи уыд æмæ ахæстоны иннæ- тæй иппæрдæй кæй дардтой, ахæм ахст лæг Хасишви- лиимæ. Зæрдæ йын бавæрдта, райсом бон æрмæсг ахæстонæй ауындзæнты цурмæ ацæуыныл барвæндо- нæй сразы у, æмæ дын уæд дæ хъадаман рафтауын кæндзынæн, стæй дын, цалынмæ ахæстоны уай, уæд- мæ уæлдай хатыртæ уыдзæн, зæгъгæ. Бандитæн ауындзæнты коймæ йæ уд ауад, фæлæ та йæм-иу уезды хицау ногæй баздæхти: — Уырдæм куы схæццæ уай, уæд бакæсдзыстæм паддзахы номæй æрвыст гæххæтт, хатыр дын рацыди, зæгъгæ, æмæ дæ уайтагъд фæстæмæ ахæстонмæ æр- бахæццæ кæндзыстæм. Дæ сæрæй иу æрду дæр нæ фæхъæудзæн. Иугай лæгтæн арæзт камерæтæ ингæнау къуын- дæг æмæ талынг сты. Уымæ гæсгæ Хасишвили бын- 240
нозæй ныуулæфыд, фæлæ сразы ис. Фæзмæ тагъд- тагъд ноджыдæр аластой иу уæрдоны дзаг хъæд- дзаума. Æмæ ныр бæгъæввад ахст лæг схъæлхуызæй цæуы æмæ йæ хъадамантæй дзыгъал-мыгъул кæны, æрыгон гусар парады уæвгæйæ, йæ шпорæтæй куыд фæдзæгъ-дзæгъ кæны, афтæ. Марыны тæрхон кæмæн уыд, уыдонимæ цыди къанвой — дыууадæс салдаты. Фæсте та æнцад-æп- цойхуызæй къахдзæфтæ кодтой чиновниктæ. Ахæм хъуыддаг уыдонмæ ницы диссаг касти. Уайтагъд цыбыр уынджы кæронæй ахызтысты æмæ ауындзæнты раз æрлæууыдысты. Лæгмар æрбадти табуреткæйыл æмæ йæ цы- рыхъхъ раласта. Цьфыхъхъы хъусы йæ къух ауагъта æмæ зæгæл асгæрста. Фæдзырдтой куырдмæ — ахæстытæн сæ хъада- мантæ асæттыны тыххæй. Джиошвили Тъатъе дон ракуырдта. Æрбахастой йын катилочы дзаг. Иучысыл дзы банызта, иннæ йæ сæрыл ауагъта. Стæй йæ бафæндыд йæ кæстæр æф- сымæрæн хæрзбон зæгъын. Уыцы бар дæр ын радтой. Пъæлицæйаг фæзмæ æрбакодта сауцухъхъаджын æрыгон лæппуйы, баджигул æм кодта æмæ иуварс ацыди. Лæппу сындæггай йе ’фсымæры цурмæ бараст. Йæ кæуындзæг ныттыппыр. — Хъæбæр лæуу, ме ’фсымæры хай, ма мæ фæ- худинаг кæ, —■ саст хъæлæсæй йын рагацау загъта Джиошвили. Уый нырма гъеныр суæгъд ис хъадамантæй, æмæ йæ къæхты айст уыди æнарæхст, лæмæгъ. Кæстæр æфсымæр йæхи нæ баурæдта. Зæрдæйы рыст, катай, уарзондзинад æмæ, æфсымæрты кæрæ- дзиуыл цы фæбæтты, уыдон иууылдæр йæ риуæй бырс- той æддæмæ. Лæппу ныббогъ-богъ кодта. Тъатъе афæлурс и. йæ дæндæгтæ нылхъывта, цæ- мæй сæ къæрцц-къæрцц ма цыдаид, уый тыххæй æмæ сындæггай йе ’фсымæрмæ йæ чъылдым аздæхта. Стæй уæд æвиппайды йæхиуыл схæцыд. Топпы 16 Рандзаст Гуырдзыстон 241
мæнгвæдæгау æнæзмæлгæйæ аззад.^ Фæкомкоммæ ис лæгмармæ, уый йæ цырыхъхъы хуылфы зæгæл куы хоста, уæд. Æмæ йæм жандармтæ дæр нæма фæцарæхстысты, афтæмæй лæгмарырдæм багæпп ласта, къух дард фæхаста æмæ йын йæ цæсгомæн иу ныддаудта. Стæй уæд табуреткæмæ сгæпп кодта. — Ехх, мæнæ Гур, ды мæнæн фыдыус дæ! — фæ- хъæр кодта уый æмæ галтыл æфсондз æвæрын ахуыр къухтæй бæндæны цæг йæ’къубалыл æркодта. — Хæрзбон, Тъатъе! — ныхъхъæрзыди сауцухъ- хъаджыи лæппу. — Фæндараст, Тъатъе-джан! — фæхъæр кодта Хубулури æмæ афæлурс. Тъатъейы цæфæй лæгмар уæлгоммæ ахауд, фæлæ уайтагъд æлгъитгæ фæстæмæ фестад, Джиошвилийы къæхтæм фæлæбурдта, ацауындзæг сыл и. Дзыллæтæн сæ уд фæхауд, цыма’ æвиппайды ин- гæны фестадысты æмæ уым райхъал сты, уыйау. Æмæ уыцы минут гæнахы сисы сæрæй æрыхъуыс- ти лæгъстæгæнæг сабыр дзурын. — Айс мæ ардыгæй! Саулагъз лæппу йæ уæрджытæ дзуццæджы бадæ- гау фæтасын кодта, йæ къухтæ дæлæмæ æруагъта. Пæлæхсар шлянæджын лæг æм пæ къух сивæзта, æрхизынæн ын феххуыс кодта. Стæй йын уæззау, дæрзæг къухæй йæ сæр æрсæрфта æмæ йын йæ цæстытæм фæкомкоммæ. Уый федта, лæппуйæн йæ сывæллоны бонтæ кæй ахицæн сты. 4 Къуары донбыл, хæрис бæласы аууон, бадти пæлæхсар шляпæджын лæг. Тагъд-тагъд цыдæртæ фыста йæ тетрады. Райсомы уæлдæф йедзаг уыди дидинджыты тæ~ фæй. Хæрис бæлас йæ къалиутæ донмæ æрзæбул код- та, цыма дон уазал у æви нæ, уый базонынмæ хъа- выд, уыйау. Иннæ былгæрон баст уыдысты тъиуитæ, æмæ сæ пæллахъхъытæ хъуысыдысты. Хъæдтæн сæ баст слæмæгъ и, æмæ кæрæдзийы фæрстæ хафтой. 242
Лæг-иу хатгай йæ цæст ахаста фидарыл, æмæ-иу уæд райсомы мигъы йæ цæстытыл ауадис Хубулурийы пыхцыл сæр. Æхсæв арвыста тъиуиты уæлæ, æмæ йьщ уым ра- дзырдтой, Хубулури цæй фæдыл фесæфт, уыцы ха- бар. Иæ мæлæты сахат йæхи куыд хъаруджынæй рав- дыста!.. Æнцад-æнцойæ, сындæггай, фæллад зæхкусæджы цыдæй ссыди эшафотмæ, йæхи хæдзары асинтыл-иу куыд .ссыди, афтæ. Æмæ йыл лæгмар кæттаг æрбату- хынмæ куы фæци, уæд йæ рихиты бынæй фæлмас худт бакодта, цыма æрмæст гъе ныртæккæ цавæрдæр стыр сусæггаг æгад хабар базыдта, уыйау. ... Фæндаггон лæг фыста. Æмæ гъеуыцы сæумæ- райсом, бæстæ дидинджыты хъарм тæфæй йедзаг куы уыд, уæд уый кадæг фыста, мæлæтæй тыхджын- дæр чи у, уыцы æнæмæлæт æнкъарæныл.
Белиашвили Акакий ЦИАЛÆ Хæрз чысыл хъæу у Къвемохеуи, — æдæппæт дзы фондз хæдзары йедтæмæ нæй. Ацы айнæг къæдзæхты æхсæн, ахæм къуырма ран адæм кæд æрцардысты, уый зонгæ дæр ничи кæны. Искуы-иу уырдæм фæн- даггон бафтыди, зæгъгæ, уæд-иу дисы бацыд: «Куыд цæрут ацы ран, куыд дзы фæразут?» «Цæрæм, фæлæ иæ цард дæр цард у?» — загътой-иу хъæуы цæрджы- тæ фæндаггонæн. Æмæ æцæгæй дæр, къвемохеуаг цардæй цæрын бафæразын æнцон нæу. Къвемохеуаг хъуамæ уа фидар зæрдæ æмæ тыхджын къухты хи- цау. Æнæ хæцæнгарзæй уымæн хъæдмæ къахдзæф акæнæн дæр нæй. Цыма сырд ахæмы йæ тæфæй æм- бары, уыйау ыл уайтагъд йæхи ныццæвдзæн. Уымæ гæсгæ Парсадан йе’стыр сау хъама йæ къухæй уæгъд никуы уагъта. Уæддæр та лæгмæ цыргъаг куы уа, уæд ын тас ницæмæй у. Къвемохеуагæн тас æрмæст- дæр уæд вæййы, æмæ йæ бирæ бинонты æхсæн иунæг нæлгоймаг йедтæмæ куы нæ уа.Æмæ Парсаданыдæр афтæ тынг уымæн фæндыди, фырт ын куы райгуыр- даид, уый. Йæ фыццаг чызг куы райгуырд, уæд ыл уый бæрц нæ бахъынцъым кодта, уымæн æмæ йæ зæрдæ дардта, йæ дыккаг сывæллон æнæмæнгæй лæппу кæй уыдзæн, ууыл. Уый дæр та йын чызг куы фæци, уæд æрæнкъард и, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст. Ныр йæхи рæвдыдта æртыккаг сывæллонæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, лæппу уыдзæн, Парса- даны рахиз къабаз. Уæд дыууæйæ кусдзысты, æмæ 244
сæ цард фæхуыздæр уыдзæн. Уæд хъæды бæласы бындзæфхæдтæ къахдзысты, æмæ сæ хуымгæнды зæхх фæфылдæр уыдзæн, науæд дæлæ хъæуы бын, доны цур цы зæххы гæбаз ис, ууыл хъæуы фондз хæдзары æппынæдзух дæр кæрæдзи тонынц. Фæлæ та æртыккаг æмæ цыппæрæм сывæллонæй дæр нæ барухс Парсаданы зæрдæ. Ныр-иу Парса- данæн исчи йæ ноггуырд чызджы тыххæй арфæ куы кодта, уæд-иу мæстыйæ фæхъæр ласта: — Уыцы цъæх чызджытæ кæцæй гуырынц, ма сæ байрадæуа! Кæд афтæ æнхъæлынц, æмæ сын æз пиа- нинæ балхæндзынæн? Куыннæ стæй!.. Æнхъæлмæ кæ- сæнт! Пианинæ цы у, уый сæ хъæуы Парсаданы йедтæ- мæ ничи зыдта. Парсадан дæр æй иу хатт куыддæр æгъдауæй кънпаз Абашидзе Зурабы хæдзармæ ба- хауд æмæ йæ афтæмæй федта. Хæсгæ та йæ Кутаи- сæй æрбакодтой ссæдз адæймагæй, се ’уæхсчытыл. Парсадан дæр сын мидæмæ хæссынæн æххуыс кодта. Пианинæ райхæлдтой, хус хæцъилæй йæ ныссæрфтой, æмæ йæсау лакæрттывдтытæ скалдта. Стæй кънйазы чызг Тъасо йæ цуры æрбадти æмæ дзы æрцагъта. Æмæ ома хуымæтæджы цагъд кодта? Парсадан йæ цæргæ-цæрæнбонты ахæм цагъд никуы фехъуыста. «Мæхуызæн тæригъæдджынты ахæм музыкæйæ, æвæц- цæгæн, æрмæстдæр дзæнæты ирхæфсдзысты»,—ахъуы- ды кодта Парсадан, æмæ пæм йæ мæгуыр цард.фæ- касти, цы уыд, уымæй ноджы ницæйагдæр æмæ та- лынгдæр. Куыд диссаг у, æвæдза, музыкæ! Фæлæ Парсадан та йæ хъæмпæй æмбæрзт хæдзары дымгæ- йы къуыззиттæй дарддæр никуы нпцы фехъуыста. «Ехх, иунæг фырт мын уæддæр куы уаид! Æххуыс мын чи кæнид, ахæм», — хъуыды кодта Парсадан, фæлæ йæ дзырдтæй æмæ куывдтытæй ницы уади, йæ усæн гуырди æрмæстдæр чызджытæ. — Цалынмæ сын æз пианинæ балхæнон, уæдмæ мауал сырæзæнт, — фырмæстæй æлгъыста Парсадан йæ цоты. — Хуыцау мæм цымæ афтæ цæуыл фæфы- дæх, мæ мæгуыр сæрæн мын адæттæ цæмæн æвзарын кæны? — Ницы кæны, Парсадан. Бафæраз-ма иучысыл. 245
Иннæ хатт дын дæ ус лæппу иыййардзæн, кæс-ма- иу! — зæрдæтæ йын æвæрдтой йæ сыхæгтæ. — Мæхимæ дæр афтæ кæсы. Ау, уæдæ мæ хуыцау бынтон фесафынмæ хъавы? Цы йын кодтон уыйас, мæ зæрдæмæ æвзæрæй куы ницы хæссын. Азтæ цыдысты, фæлæ никуы æмæ ницы. Ныр фа- рæстæм чызджы æлгъыста Парсадан. Æмæ йæ, æвæ- дза, уыцы фарæстæм хатт йæ сыхæгтæ нæ баиргъæв- той, уæд исты фыдбылыз сарæзтаид. Фæлæ йæ къухы куы ницы бафтыд, уæд, пихуылæйттæ калгæ, хъæдмæ азгъордта. Æнæнхъæлæджы арс йæ размæ фæци. Пар- садан æй амардта, æмæ уæд иучысыл йæ маст ссыд. Уыцы æхсæв, мæгуыр, Парсадан æрæгмæ бафынæй. йæ сагъæс уыдис сомбоныл, йæ сывæллæттæн хæри- наг кæм амал кæндзæн, дарддæр куыд цæрдзæн, ууыл. «Фараст чызджы, фараст адæймаджы, фараст æх- хормаг гуыбыны. Æз та иунæг. Æрмæстдæр мын дыууæ къухы. Гъæй-джиди, ныр иунæг фырт уæд- дæр!» Дæсæм хатт æнхъæлмæ кæсын райдыдта Парса- дан лæппу райгуырынмæ. Цæй, цы гæнæн ис, цæ- рæнт, схъомыл уæнт чызджытæ фарастæй дæр, æр- мæст ын ныр лæппу райгуырæд. Æмæ дæсæм хатт йæ ус арын куы райдыдта æмæ уæллаг хъæуæй дæсны Саломийы куы æркодтой, уæд Парсадан берданкæ сифтыгъта æмæ сæ хæдзарæй рацыд. Куыддæр æм ныхъхъæр кæной, фырт ын райгуырди, зæгъгæ, афтæ Парсадан йæ берданкæйы фехстæй сыхæгтæн хабар базонын кæндзæн. Уадз æмæ йæ се ’ппæт дæр зоной: Парсаданмæ амонд йæхи къахæй кæй æрцыд, бындар ын ’кæй райгуырди! Быруты рæзты Парсадан ныццыди суадонмæ æмæ дурыл æрбадт. йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, лæг æнæрхъæцгæйæ æнхъæлмæ каст исты бæрæг хабармæ, цы акодтаид, уымæн ницуал зыдта. Уыцы бон уазал бон скодта, суанг ма арв æмæ хæхтæ дæр фыруазалæп ныцъцъæх сты. Фæлæ Пар- саданæн йæ рустæ артау сыгъдысты, йæ сур хид-иу акалд. Уалынмæ кæеы, æмæ уæлæ къахвæндагыл æр- 246
цæуы лæгты къорд. Се ’ппæтмæ дæр бæхтæ, сæ фæ- дыл сæ ласынц. Иу бакастæй уымы адæмы хуызæн нæ уыдысты нæдæр сæ хæцæнгарзæй (хæцæнгæрзтæ сæм бирæ уыд), нæдæр сæ цæсгомы æнгасæй. Иуæй- иутæй фæстæмæ се ’ппæтыл дæр уыди цъупджынхуд- тæ, сæныхтыл стъалытæ. Фæндаггæдтæ æрлæууыдысты суадоны раз. — Дæ бон хорз, æмбал! — хъæлдзæгхуызæй сæ иу салам радта Парсаданæн, æвæццæгæн сæ къ^аман- дир уыди. — Æгас цæут. — Парсадан йæ бынатæй сыстад. — Кæй хъахъхъæныс? Æви цуаны рабалц код- тай? — бафарста йæ къамандир. — Цæй цуаны, цæ!.. Ме ’фсин хъуамæ ныртæккæ ныййара... Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма лæппу уы- дзæн... Гъемæ дзы уæд фырцинæй фехсдзынæн, — загъта Парсадан æмæ æфсæрмдзастæй йæ мидбылты бахудти. Къамандир дæр бахудт. — Æмæ дын чызг куы райгуыра, уæд та? — Чызджытæ мын, мæ хур, фараст ис æмæ та мын ныр дæр чызг куы фæуа, уæд дæ хуыцауæй ба- уырнæд, мæнæ ацы берданкæ мæ ныхыл ныффæздæг лаодзынæн. — Афтæ у? — къамандир йæ худ систа æмæ Пар- садапы фарсмæ дурыл æрбадт. — Фараст чызджы зæгъыс? — Фараст. — Уæдæ уæд ды амондджын дæ. — Кæуылты у мæ амонд! — ныуулæфыд Пар- садан. — Нæ, мæ хæлар, махмæ, хæхбæсты, мæхуьь зæн мæгуырæн æнæ фыртæй цæрæн нæй. Нæ тыхсты сахат нын сылгоймæгтæ ницы æххуыс сты, хæдзары дзаг куы уойу уæддæр. Нæлгоймаджы куысты сылгой- маг цы у? Махмæ лæг цардыл тох куы нæ кæна, уæд йæ бинотæ сыдæй амæлдзысты. Ахъуыды-ма кæн дæхæдæг, цæмæй цардæуа ацы ран? Парсадан æнæуи æфсæрмыгæнаг уыд, бирæ дзу- рын нæ уарзта. Фæлæ ныр æнæзонгæ адæмæн бæл- вырд фæдзырдта йе ’намонд, мæгуыр царды ха- бæрттæ. Æмæ йæм лæмбынæг кæй хъуыстой, тæ- 247
ригъæд ын кæй кодтой, уьшæн уыдаид, æви æндæр нстæй тыххæй, уый бæрæг нæ уыди, фæлæ Парсада- нæн куыддæр фенцондæр. Афтæ зæрдиагæй ныхас кодта семæ, æмæ йæм дæсны Саломи куы дзырдта, >æд æй фыццаг нæ бамбæрста. — Парсадан, уæ, Парсадан! — хъæр кодта уый Парсаданты кæртæй. — Цæй цы у?..—афæлурс и, афтæмæй йæ бафарс- та Парсадан.—Куыд у? Зæрдæ дын цы лæварæй ба- вæрдтон, уый мæ æлхæнын бахъæудзæн? — Гæнæн нæй, Парсадан... — хъарæггæнæгау дзырдта дæсны. — Алы сывæллон дæр хуыцауы лæ- вар у. — Куыд? Чызг та у! — фæхъæр кодта Парсадан, æмæ йæ цыма арв æрцавта, уыйау йæ бынаты сагъ- дауæй баззад. — Чызг, мæ хур, Парсадан, чызг. Ахæм дзæбæху, æмæ диссаг! Æфсæддонтæ кæрæдзимæ бакастысты. Фæлæ Пар- садан йæ берданкæ иуварс фехста, йæ сæрмæ фæлæ- бурдта æмæ богъ-богъгæнгæ зæххыл афæлдæхт. Уый куыдта æнæфсæрмæй, судзаг цæссыджытæ йын йæ хъуыр æхгæдтой. Уыцы сахат æм амæлынæй хуыздæр ницы касти. Цæмæн у йæ цард, амонд дзы дардмæ куы лидзы, уæд? — Æвæдза, диссаджы адæймаг дæ, — къамандир Парсаданмæ хæстæг бацыд æмæ йæ сыстын кодта.— Адæймаджы райгуырдыл хъуамæцин кæнис... Ды-та... — Адæймаг... цин, — хæкъуырццæй кæугæйæ, дзырдта Парсадан. — Ахæм циндзинад ме ’знагыл дæр ма æрцæуæд. Æвæццæгæн, æнамонд бон гуырд фæци ме ’фсин... Æвæццæгæн æй хуыцау ралгъыста. Уæ, ме ’скæнæг хуыцау, чызг та райгуырд ацы хатт дæр, чызг!.. Кæд афтæ æнхъæл у, æмæ кънйаз Абаши- дзе йæ чызгæн цы пианинæ балхæдта, æз дæр ын ахæм балхæндзынæн... — Ды дæ чызджы райгуырдыл дæхи æппындæр ма хæр,—загъта æфсæддонты къамандир. — Дæу дæ цард фæхуыздæр кæнын фæндыди æмæ лæппумæ уы- мæн бæллыдтæ. Фæлæ мауал хъыг кæн, ныр рæстæг аивта. Ног цард æрцыди. Кусджытæ æмæ зæхкусджы- 248
тæ, дæхи ’хуызæн мæгуыр зæхкусджытæ, хицаудзинад сæхи къухтæм райстой. Ныр ды ахæм цард кæнын райдайдзынæ, æмæ дæ уырнгæ дæр нæ кæндзæн. Дæ дæсæм чызгæн та æнæ амондджын уæвæн нæй. Мæ ныхас-иу дæ зæрдыл бадар, — йæ цард уыдзæн рæ- сугъд æмæ амондджын. Ныр нын бар ратт, æмæ мах, сырх партизантæ, йæ номæвæрджытæ фæуæм. Мæнæ мæ худыл стъалы уыныс? Уый ссыгъдис æмæ ныр- рухс кодта нæ бæстæйы алы къуым дæр, æмæ мыл баууæнд — никуал ахуысдзæн. — Дæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы чызг амондджын стъалыйы бын райгуырди,—сдзырдта партизантæй иу. — Ай-гъай дæр, амондджын стъалыйы бын, се ’ппæтæй амондджындæр стъалыйы бын,—загъта къа- мандир. — Æмæ кæд разы дæ, мæ лымæн, уæд дын дæ дæсæм чызгыл Циалæ сæвæрæм, ома æрттиваг. Хъæлдзæг æмæ райгæ цардæн чи райгуырд, уымæн уыцы номæй хуыздæр æрхъуыды кæнæн нæй. Къамандир йæ мидбылты бахудт, æмæ хуьшпъы- рæй дамбаца сласта. — Ныр хæхбæсты æгъдаумæ гæсгæ ноггуырдыл бацин кæнæм. Партизантæ сæ винтовкæтæ арвмæ фæдардтой æмæ æмæхст фæкодтой. Сæ тыхджын гуыппæй хæхтæ ныццарыдтой. Æмæ, æвæццæгæн, Парсаданы зæронд берданкæйы æхст уымæн ничи фехъуыста Къвемо- хеуы. * Парсадан базæронди зæгъынмæ хъавут? Æнæмæт ут. Уый тыххæй уæ сæр дæр ма сриссæд. Цæмæн хъуамæ базæронд уа? Уый йæхæдæг зæронддзинады куы базæронд кæндзæн. Азтæ сæхицæн згъорынц, Парсадан дæр йæхицæн цæры. Æмæ бæргæ, цæрид æмæ цæрид афтæ, йæ зæнгты тых куы нæ сæттид, уæд. Абон цуаны цæуынмæ йæхи куы рарæвдз кодта, уæд ыл йæ ус сбустæ кодта: «Базæронд дæ, æмæ дæ зонд фæцыд, æндæр ма ды цуаны цæуынæн бæззыс? Ис- 249
куы дæлджинæджы куы ныххауай, уæд та?!» «Де ’взагыл сынкъ æрзайæд, зæронд, куы нæ мæ ныххауын кæнай! Уæвгæ дæ цас фæнды, уый бæрц дзур. Æз уæд- дæр ацæудзынæн». Ницæмæй тæрсы ныр Парсадан. Ис ын дæс чыз- джы, фараст сиахсы. Р1æ чызджыты цот сты фынд- дæс æмæ ссæдз. Уыдон сæхæдæг æнæхъæн æфсад не ’сты, зæгъут? Чи сыл хъуамæ фæтых уа? Парсадан бады, хъуынайы бын чи фæци, ахæм къæдзæхы сæр, бады мард дзæбидыры фарсмæ æмæ фæлгæсыйæ хъæуыл. Куыд сырæзыд, æвæдза, Къвемо- хеуи! Фопдз æмæ дзы ссæдз хæдзары ис ныр, кæддæр та фондз йедтæмæ нæ уыдысты. Бынæй сæхи айтыгъ- той колхозы зæххытæ. Парсаданæн ма йæ зæрдыл хорз лæууы, далæ быдыры кæрон цы хуымгæнды гæ- баз зыны, уый тыххæй сыхæгтæ кæрæдзи хъуын-хъис куыд хордтой, уый. Æмæ кæннод сæхъæу куыд срæ- сугъд ис, йæ хуыз куыд скалдта, уый та! Хъараманы хæдзары æмбæрзæндуртæ хурмæ цæхæртæ калынц. Иæ фарсмæ, чысыл уæлдæр та Парсаданы ног хæ- дзар. Уымæй рæсугъддæр хæдзар сæ хъæуы никæмæн ис. Йæ рæзты цæуы машинæйы фæндаг. Нырма йæ æрæджы скодтой. Æхсæвæй-бонæй йыл машинæтæ дыууæрдæм сыффыттытæ кæнынц. Æмæ ахæм цæуæг нæй, Парсаданы хæдзарыл нæ цæстытæ чи нæ æрæ- вæры. Æмæ, раст зæгъгæйæ, тынг рæсугъд хæдзару. Цæуыл хордта Парсадан йæхи, чызджытæ йын куы гуырди, уæд? Исты сæ цард æвзæр у? Зæронд Парсаданæн хорз чызджытæ ис, хъаруджын. Уый алчидæр зоны. Куысты мидæг сæ иу дæр нæлгойма- джы йæ разæй нæ ауадздзæн. Къаддæр-къаддæр дыу- уæ фондзыссæдзгай фæллойбоны бакусынц колхозы. Дардыл цы дзурæм, Парсадан йæ ног хæдзар йæ чыз- джыты руаджы сарæзта. Фæлæ уæддæр йæ удйæкæс- тæр чызгыл лæууы. Æмæ фыд уый зæрдæхудты ни- цæмæй цæуы. Циалæйы горæты ахуыр кæнын бафæн- дыд, æмæ иæ Парсадан арвыста. Ныр ахуыр фæци, фæстæмæ сæхимæ æрыздæхт, æмæ зæронд Парсадан- мæ афтæ кæсы, цыма йæ чызджы руаджы ныр йæ цард рухсдæр фæци. Циалæ, зæгъгæ, дæр хуымæ’тæ- джы нæ хуины. Ома, æрттиваг! Раст загъта кæддæр 250
йæ номæвæрæг: амондджын стъалыйы бын райгуыр- ди Парсаданы дæсæм чызг... Парсадан йе ’уæхскмæ дзæбидыры мард сæппæрс- та æмæ айнæг къæдзæхæй дæлæмæ хъавгæ-хъавгææр- хизы. Йæ зæрды ис сæхимæ рагацау æрцæуын, тæккæ ахсæв хъуамæ йæ бинонты дзæбидыры физонæгæй хорз фена. Кæртмæ куы бахызт, уæд фырдисæй сагъдауæй баззад. Сæ кæрты лæууыди уæзласæн машинæ, æмæ дзы иу-дæс лæджы истой цавæрдæр дынджыр асыкк. Циалæ машинæйы цур цъил фестад æмæ лæгтæн лæгъстæ’ кæны: — Сындæг, уæ хорзæхæй, ма йæ асæттут!.. — Цы у, цы? — хæстæгдæр сæм бацыди Парса- дан. йæ хистæр сиахс, Пълато, йæ иу цæст хинæйдзаг цъынд æркодта æмæ йæ мидбылты худгæйæ загъта: — Æмæ цы у, уый дæ цæмæн хъæуы?.. Уæртæ цы дзæбидыр амардта, уæртæ! Физонджытæ дзы ис уæ- дæ ахсæв, и? Сæн дæр дзы уæдæ разындзæн. Ахæм хъуыддаджы тыххæй... — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, ай цы у? — ныллæгъс- тæ кодта Парсадан йе ’сиахсæн. — Дзурæн ын нæй, — бахудти Пълато. — Цæй хорз, дæуæн æй зæгъдзынæн, хæдзары хицау куыд дæ, уымæ гæсгæ... Уый пианинæ у. Парсаданæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ ных рахид и. Фынæй у æви хъал? Нæ, фынæй нæу. — Кæм нын уыди пианинæ? — Кæм та цы хоныс? Циалæ йæ рафыссын кодта, æмæ йын æй ныр æрбарвыстой. — Рафыссын кодта... Æрбарвыстой... — сусæгæй дзурæгау йæ былтæ базмæлын кодта Парсадан. Иæ цæстытыл ауади, бирæ азты размæ кънйаз Абаши- дзейы хæдзармæ пианинæ куыд фæцæйхастой, уый, йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йе ’скъуыдтæ дзабыр- тæ, йæ бызгъуыртæ дарæс, пианинæйы цагъдмæ йæ зæрдæ куыд суынгæг ис, уыдæттæ. Парсадан йе ’ккойæ дзæбидыры мард æрæппæр- ста æмæ бæласы бын бандоныл йæхи уæззау æр- уагъта. Бадти æнæдзургæйæ, æнæзмæлгæйæ, цыма 251
цавддур фестад, уыйау æмæ хъуыды кодта æр- мæстдæр иу хъуыддагыл. «Пианинæ»... Кæддæр уыцы дзырд йæ дзыхæй æлгъитыны хуызы хаудис... Кæд- дæр уыцы дзырдæй æмбарын кодта йæ мæгуырдзи- над, йе ’ххормагдзинад... Ныр та... Акса-ма, цард нæ, фæлæ ма суанг дзырдтæ дæр куыд фендæрхуызон сты! Парсадан рæвдз фестад. — Ей, хæлиудзыхтæ! Абашидзе Зураб пианинæ куы æрбаласта, уæд йæ хæссынæн æз дæр æххуыс кодтон. Раст зæгъгæйæ, уæд мæн никуы бауырныд- таид, ацы диссаджы дзаума искуы мæ хæдзармæ дæр бахæсдзысты, уый. Æмæ уымæй дæр кæмæн? Мæ дæсæм чызгæн, Циалæйæн! Дзæгъæлы нæ райгуырдис амондджын стъалыйы бын! — Зæронд лæг йæ дыууæ къухæй асыкмæ февнæлдта æмæ йын йæ иу кæроныл рог хæст скодта. Циалæ уаты дуæрттæ байтыгъта, пианнæ мидæмæ бахастой. Пианинæ уайтагъд райхæлдтой. Цырагъы рухсмæ йæ сау лак æрттывдтытæ скалд- та. Циалæ йæ хус хæцъилæй ныссæрфта, фæйнæджы хафæнтæ амарзта, йæ сæр ын байгом кодта æмæ йе ’нгуылдзтæ клавиштыл ахаста. Ныззыланг кодтой пианинæйы æфсæйнаг тæнтæ, æмæ Парсаданы зæр- дæйы дæр æвиппайды фестъæлфыд æмæ ныззыланг кодта, ныронг кæй нæма зыдта, ахæм тæн. йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, фæлæ сæ уайтагъд асæрфта æмæ йæ чызгмæ йæ мидбылты бахудти. — Ацæгъд, мæ хур... Зыланг кодтой пианинæйы тæнтæ. Дард хæххон хъæуы Парсаданы дæсæм чызг, Циалæ, йæ рæсугьд сæр чысыл фæстæрдæм акæнгæйæ цагъта йæ зæронд фыдæн. Фыд хъуыста æнæзонгæ цагъдмæ, йæ цæсты- тæ æрдæгцъынд, афтæмæй, æмæ та-иу сусæгæй йæ цæстысыг асæрфта.
Донжашвили Тинæ МАД Хъæумæ æрбахæццæ хабархæссæг, фос зымæгон хизæнуæттæй хохмæ кæп аскъæрдтой, уый фехъусын кæнынмæ. — Гъе-гъе-гъе-е, хорз адæм! Иууылдæр хохмæ! Фиййæутты цæстытæ уæм ныуурс сты! — йæ уæл- дзарм худ тилгæйæ, хъæлæсы дзагæй хъæр кæны æх- сæрдæсаздзыд цæрдæг фиййау Цангала, æмæ уæл~ дæф йæ хъæрæй азæлы. Циндзинад уылæнтæгæнгæ цæуы Цангалайы фæ- дыл, хъæутæ, быдыртæ базмæлыдысты. Хохмæ! Стыр цин, стыр бæллиццаг фембæлдтæ уыдзæн ныр хохы! Адæм цин кæнынц: чи йæ мады фендзæн, чи йæ фыды, чи йе ’фсымæры, чи йæ уарзоны. Дæс мæйы дæргъы кæрæдзийæ иппæрд чи уыд, фиййауы цæугæцард кæй фæхицæн кодта, уыдон та кæрæдзи фендзысты, кæрæдзийыл фæцин кæндзысты. Æмæ кæд уыцы дыууæ сæрдыгон мæйы дæргъы адæм уым, хæхты, куыстæй сæ хъуырмæ уыдзысты, уæддæр уыцы цыбыр рæстæг куыд аивгъуийдзæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзысты, уайтагъд та кæрæдзи- йæ хицæнгæнæн сахат æрхæццæ уыдзæн. Æмæта уæд фиййæуттæ сæ фысты дзугтимæ араст уыдзысты иуыр- дæм, иннæ фæндагыл та кæмттæм æрцæудзысты дзаг уæрдæттæ фысдзæрмттæ æмæ хæрзад хохаг фысты цыхтытимæ, бур-бурид царв æмæ нæлхæимæ, æвзист- 253
хуыз фæлмæн къуымбилимæ; уадз æмае уый фæстæ ралæууæнт даргъ зымæгон мæйтæ, тасдзинад, зын- куыст, мæт æмæ сагъæсæй йедзаг чи вæййы, уыцы мæйтæ—ныртæккæ уыдæттæ ничи ницæмæ дары, ныр- тæккæ уал бæлцæттыл бацин хъæуы. Хохмæ чи цæудзæн, уыдоны размæ рарвыстой фий- йæутты, цæмæй фæтагъд кæной. Фæлæ дзæгъæлы. Адæм сæхи раджы срæвдз кодтой æмæ ма æнхъæлмæ кастысты æрмæстдæр хабархæссæгмæ. Мæнæ рараст сты хохмæ Алванийы хъæу дæр. Æрхæндæгзæрдæйæ кæсы Мзагъæ бæлццæтты фæ- дыл æмæ сæ фæстæ цы рыг сыстад, уыимæ ны- хъуыры сидзæргæсы маст. йæ рæзты фæцæуы, фиййауы лæдзæг цæхгæрмæ йæ синтыл сæвæргæйæ æмæ æрфгуыты бынæй размæ æдзынæг кæсгæйæ, бæрзонд, къæсхуыртæарæзт фий- йау Заликъа. йæ фæдыл та, фæйнæрдæм зынæрвæс- сон кæстытæ кæнгæйæ, сæрыстырхуызæй цæуы даргъ- боцъо сæгъ Абырæг. Уыцы ном ыл дзæгъæлы нæ сæвæрдтой. Йæ сыкъатæ уыцы сцæвынарæзтæй хæрд- мæ цыргъæй лæууынц, йæ ных ныггæмæх, сыкъайæ арæх кæй хæцы, уый тыххæй. Зæронд Заликъайæ иуцасдæр æддæдæр цæуынц бæлццæттæ. Хæххон тæссаг фæндæгтыл цæуынæн æмбал кæмæн нæй, уыцы ныллæг, цыбыркъах бæхтæ ам быдыры уæрæх, æмраст фæндæгтыл, хъазæн бæхты хуызæн сты. Сæ фарсмæ, сæ лыстæг къæхтæй дзыбыр- дзыбыргæнгæ згъорынц хæрджытæ. Сæ морæ’ царм хъæдабæйау хурмæ рарттив-барттив кæны. Бæхтæ æмæ хæрджытыл ис хордзентæ ауыгъд. Хордзенты кæмттæй, мæнæ зæрватыччытæ сæ сæртæ ахстонæй куыд радар-радар кæной, афтæ худгæйæ ракæс-ракæс кæнынц сабитæ. Бæхты æмæ хæрджыты сæ рохтæй кæнынц сылгоймæгтæ æмæ лæппутæ. Сылгоймæгтæй бирæтæ сæ хъæбысты æнгом тых- тæй хæссынц, сæ фыдæлтæ кæй нæма федтой, уыцы дзидзидай сывæллæтты. Мзагьæйы размæ куы ба- хæццæ вæййынц, уæд, сæ циндзинад амбæхсыны тых- хæй, сæхи фенкъардхуыз кæнынц æмæ улæфтытæгæн- гæ сæргуыбырæй йæ цурты ацæуынц. 254
Бæлццæтты фæйнæфарс цæуынц, сæ уæлдзарм худтæ ныхыл арф æркæнгæйæ, фиййæуттæ, даргъ хъаматæ сæ астæутыл, афтæмæй. Æппæты фæстæ цæуынц сынтыты хуызæн нарæг хохаг уæрдæттæ нымæттæй æмбæрзтæй. Уæрдæтгы æвæрд сты, фæндаггон царды мидæг æхсызгон чи хъæуы, ахæм дзаумæттæ, сæ уæлæ бадынц сывæллæт- тæ. Уыдон хъæлдзæгхуызæй тилынц сæ къухтæ, сæ фæстæ чи аззайы, уыцы бæлæстæм, хæдзæрттæм, кау- тæм, хъæуы ма цы иугай цæрджытæ баззад, уыдон- мæ, стæй æнкъардæй сæ фæстæ чи кæсы, уыцы Мзагъæмæ. Мæнæ Мзагъæйы хæдзары размæ æрбахæццæ мы- зыхъарæзт хъæлдзæг Алыкси, йæ4 бæхæй æргæпп кодта æмæ бауад йæ хуыздæр хæлар Гигиайы биной- нагмæ. Мзагъæйы лæг Гигиа фарон хохы фæмард, сæ сыхаг дзугтæ ирвæзынгæнгæйæ. — Дæхæдæг æй уыныс, Мзагъæ, хисты бонмæ фæлæууæн нын нæй... — загъта Алыкси. — Æнæуи дæр æгæр фæстиат кæнут, — сындæг сдзырдта Мзагъæ, йæхимидæг та афтæ ахъуыды код- та: «Гигиа ма æгас куы уаид, уæд фидиуæгмæ не ’нхъæлмæ кастаид, уайтагъд æгас хъæу дæр сæ къæх- тыл слæууын кодтаид хохмæ цæуынмæ æмæ афтæ нæ бафæстиат уыдаиккат». — Дæ зæрдæ ныл ма фæхудæд, Мзагъæ. Бæргæ ныл æмбæлди не ’мбалæн рухсаг зæгъын, фæлæ гæ- нæн нæй. «Худынтыл нæу ныртæккæ мæ рыст зæрдæ», — ахъуыды кодта Мзагъæ. йæ æнкъард цæстытæм ын бакæсгæйæ, Алыкси дзырдта дарддæр: — Алы бон дæр дын дæ размæ искæйы æрвит- дзыстæм. Æцæг-иу ма бафæстиат у. — Куыддæр фынджыдзаг ахицæн кæнон, афтæ нал бафæстиат уыдзынæн. ’— Цæй уæдæ, хæрзбон уал! Куыддæр хохмæ æр- бацæуай, афтæ Гигиайæн рухсаг зæгъдзыстæм иумæ. — Фæндараст фæу, Алыкси! — Хорзæй баззайут!.. Уæд та ацы фæдыл дæхи арæвдз кæнис? Баййафдзыстæм ма сæ... Йе та лæппу- 255
ты рауадз, бахæццæ сæ кæндзыстæм. Дæуæн дæр æнцондæр уыдзæн фæндагыл æнæ уыдон. — Нæ, Алыкси, уадз сæ. Сæ фыдæн хъуамæ рух- саг иумæ зæгъæм. Сæ хæс бафидой... — Куыд дæ фæнды, афтæ. Алыкси Мзагъæйы уæхсчыты сæрты уатмæ ба- касти, æмæ сынтæгыл дыууæ сабийы хуысгæ куы ауыдта, уæд йæ бæхмæ фæгæпп кодта æмæ афар- дæг. Мзагъæ бæлццæтты фæдыл кæсгæйæ баззад. Сæ фæстæ цы рыг сыстад, уый раджы æрбадт. Нал æм хъуысы фæсивæды хъæлдзæг зард. Нал хъуысы уа- дындзы уаст, куиты рæйд, сывæллæтты худын æмæ кæуын. Нал ахсы хъус бæлццæтты фæстæ чи цæуы, уыцы æвзонг фиййау Цангалайы хъæр. Мзагъæ ма уæддæр æнæзмæлгæйæ лæууы къæсæрыл. Æмæ дар- дæй бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма йæ хъæддых хæрзконд гуыр йæ мæгуыр хæдзарæн цæджындз æвæрд у. Хуры тынтæ хъуызгæ æрхызтысты йæ даргъ сау къабайыл æмæ андзæвдысты йæ фидар къæхтыл. йæ бæзджын сырх былтæ змæлынгæнгæйæ кувы, цæмæй бæлццæттæ æнæфыдбылызæй сæ бынатыл сæмбæлой, фæлæ уымæй йæ зæрдæйы маст, йæ судзгæ рыст нæ къаддæр кæиынц, йæ хурсыгъд дæрзæг рустыл сын- дæггай згъæлынц уæззау цæссыгтæ. Рацыди дæс боны. Мзагъæ фынджыдзаг скодта. Афæдзæй-афæдзмæ цардæгас, æнæниз лæгæн цы æм- бæлди, уыдон байуæрста, хъæуы ма чи баззад, уыцы зæрæдтæн, рынчынтæ æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Иуæндæсæм бон сæумæцъæхæй йæ хауджын сау тæ- бын кæлмæрзæн йæ сæрыл гоппбаст акæнгæйæ, бæхы рохтыл рахæцыд æмæ араст. Бæх размæ рæвдз уайы, йæ цыбыр фидар къæхты сæфтæджытæй рыджы фæд- тæ уадзгæйæ. Фæлмæн саргъы фæйнæфарс хордзенты Кæмттæй сæ сæртæ хæрдмæ дарынц дыууæ сабийы. Лæппутæ тьшг æнгæс сты, дыууæйæ дæр — саулагъз, цæрдæг сау цæстытæ сын. Изæрмæ æмбисвæндагмæ бахæццæ сты. Сæ фæл- лад сфæнд кодтой тæвд суадæтты раз суадзын: ’хæх- хон къахвæндæгтыл чи фæцæуы, уыцы бæлццæттæ 256
кæддæриддæр бонасадæн ам фæкæнынц. Мзагъæ лæп- путы анадта, стæй йæхиуыл дæр дон скæлдтытæ код- та. йæ хуылыдз буарыл сау хæдон скодта, — йæ лæ- джы амарды фæстæ сау дардта, — æмæ йæ сабиты фарсмæ йæхи æруагъта. Сæумæцъæхæй, мæй хуры фыццаг тынтæй куы фæфæлурс, уæд та сæ фæндаг дарддæр адардтой. Сæууон ирдгæ буары хызти. Хæх- тæй зивæггæнгæ стади мигъ, йæ фæдыл ^урсцагъд бæмбæджы хуызæн мигъы скъуыдтæ уадзгæйæ. Цæуы размæ Мзагъæ. Къахвæндаг тынгдæр фæ- хæрд кодта, раст цыма йæ кæрон арвы цъуппыл ны- хæст у, æмæ нарæгæй-нарæгдæр кæны; ныр дыууæ бæхджыны, дыууæ бæлццоны сæмбæлдысты, зæгъгæ, уæд фæйнæрдæм ацæуын сæ бон нæ бауид. Рахизы- рдыгæй сæ сынæгтæ ныхъхъил кодтой тасуадзаг ай- нæг къæдзæхтæ, галиуырдыгæй та æнæбын дæлджи- нæг, суанг ма дзы æрра хæххон доны хъæр дæр нæ хъуысы. Мзагъæ хæцы бæхы рохтыл, æмæ йæ къух фыр- рыстæй дудын куы байдайы, уæд йæ цыд фæсындæг- дæр кæны, йæ сæр лæппутырдæм чысыл азилы æмæ куыд нæ тæрсой, уый тыххæй сæм сдзуры. Лæппутæ хъуыды дæр ницы кæнынц, хъæлдзæг сты. Кæд сын сæ мад фæндагмæ кæрдзын фаг нæ рахаста, — ахæм фæндæгтыл цæугæйæ, бæхтыл стыр уаргъ нæ сæвæрдзынæ, — уæддæр ницы кæны, фий- йауы зын цардыл ахуыр сты, фæразондзинад сæ ту- джы ис. Хъæлдзæг сты лæппутæ... Айнæгыл зыр-зыр- гæнаг цъæх тихалæг ауыной, бæхы къæхты бынæй дур асхъиуа, арвыл урс мигъы къуымбил фæзына, цæргæсы базырты аууон ауыной, — алцыдæр сын ци- ны хос у. Цырд цæстытæ дæр сын сæ фыдæлтæй баз- зад. Æнæмæт худт, хъæлдзæг хъæртæ, хъазæн къæрццытæй хатгай пал фæхъуысы бæхты къæхты хъæр, цъыр-цъырæгты зарын. Фæндаджы кæрон, тæк- кæ былыл æваст ферттывта цыдæр сырх. — Гæлæбу! — цингæнгæ стылдта йæ къухтæ æр- тæаздзыд саби. — Нæ, уый дидинæг у! — фидарæй загъта йе ’фсымæр, афæдз хистæр йедтæмæ чи нæу, уый. ■— Гæ-лæ-бу! — зæгъгæ, ныллæууыд кæстæр æмæ 17 Райдзаст Гуырдзыстон 257
йæхи аивæзта гæлæбуйы хъулон базыртæм фæлæбу- рынмæ. — Дидинæг у, æдылы къоппа! — йе ’рфгуытæ фелхынцъгæнгæйæ, сдзырдта хистæр æфсымæр. — Нæу дидинæг, гæлæбу у! Гæлæбу, гæлæбу! — хордзены мидæг фæгæпп кодта саби. — Дидинæг! — ныхъхъæр ласта хистæр, æмæфæ- гуыбыр кодта дидинæгмæ фæлæбурынмæ. Сывæллæтты хъæрмæ Мзагъæйы хъуыдытæ фес- къуыдысты. Фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта: бæхы га- лиу къæхтæ сæрсæфæнырдæм фæбырыдысты æмæ катайгæнгæ архайы фæндагмæ рахизыныл. Хордзен галиуырдæм æрзæбул, хистæр æфсымæр кæстæры уæхсчытыл ныззæгæл, кæстæр та афтæ банхъæлдта, йе ’фсымæр сырх гæлæбуйы æрцахста æмæ лæппумæ йæхи баивæзта. Мзагъæ æваст фембæрста, цы æрцыди, уый. Фæлæ æгомыг айнæг къæдзæх фыддæрадæнау афтæ хæс- тæг æрбацыд, æмæ сылгоймагæн йæ бон нæу бæ- хы къахвæндагмæ сласын. Мзагъæ адæргæй къæдзæх йæ сæрæй ныццавта, цыма йыл фалдæр ахæцынмæ хъавыд, æмæ йæ иу къухæй бæхы рох йæхирдæм ивæз- та, иннæ къухæй та, галиуырдæм чи фæцæйбырыд, уыцы хордзены. Фæлæ ныр бæхæн йæ рахиз къæхтæ дæр бырын байдыдтой. Мæнæ йæ къæхты бынæй ас- хъиудтой дуртæ, æркалд сыджыт, æмæ бæх арæхст- гай, цыма лæппутæн тарсти, уыйау сындæггай гали- уырдæм фæлдæхын байдыдта. Мзагъæ бæхы рох йæ къухыл атыхта, цæхгæрмæ йæ къæхтæ айнæгмæ сарæзта æмæ йæ тых-йæ бонæй бæхы йæхирдæм ивазын байдыдта. «Сласдзынæн æй, мæ тых ма басæттæд, æндæр. Сласдзынæн æй цыфæндыйæ дæр...» — йæхицæн ныф- сытæ æвæры Мзагъæ. Лæгъстæ кæны бæхæн, кувы хуыцаумæ, зæдтæм... — У-у, æз дæ мæрдты уазæг, уылынджы бæрц æддæдæр алæуу. Æрмæстдæр уылынджы бæрц...—куры Мзагъæ айнæг къæдзæхæй, æмæ ивазы рохтæ йæхи- рдæм. — Цымæ цæмæн ныхъхъус сты лæппутæ? Хъæр- гæнæн нæй, уый æмбарынц, бæх фæтæрсдзæн...' Уæ^ батæригъæд мын кæ, цъæх айнæг! Уæ, мæнæ хайуан, 258
мах де уазæг, ма нæ фесаф... Стыныл архайыс? Арфæ дын кæнын. Хъусыс? Сабиты мад дын арфæ кæны. У-у, чысыл ма... иучысыл... Баххуыс мын кæ,æз дæуæи куыд æххуыс кæнын, афтæ, — дзыназы Мзагъæ, идон йæхирдæм тынг ивазы, раст йæ цæнгты нуæрттæ фес- къуынынц. Фæлæ бæхæн йæхи уромын йæ бон нал у, йæ фæс- тагæрдæг сæрсæфæнмæ фæбыры æмæ Мзагъæйы дæр йæ фæстæ фæласы. Фæцыд цæйдæр къæрцц, фæлæ Мзагъæ рыст нæ бамбæрста, æрмæст æй хъыг дары, цы туг фемæхсти, уый, æмæ кофтæйæ чи разынд, уы- цы стæг. Рисс не ’мбары, фæлæ йæ хъару сæттын бай- дыдта, ныр ын иу къух йедтæмæ нал ис. Ныр æй уы- цы къух дæр нал хъæуы. Фæндаджы былæй ма ауыд- та бæхы бырынкъ æмæ хордзентæ, стæй цыдæр фесты. Мады цæстытыл цыма æхсаргарды дзæхст сæм- бæлд. — А-а-а!.. А-а-а!.. — ныхъхъæр кодта йæ хъæлæ- сы дзаг Мзагъæ; ныр бæх фезнæт уыдзæн, уымæй нал тарст, æмæ бæхы рохыл ныххæцгæйæ, йæхи былæй фесхуыста. Тугвæндаг цы саузæрдæ айнæгæй ацыд, уым Мза- гъæйы хъæуккæгтæ бакъахтой къуск. Уым ис къус æвæрд. Уый кæддæриддæр сæнæй вæййы йедзаг. Фæндаггон йæ рæзты куы фæцæйцæуы, уæд æй Мады цæрæнбоны тыххæй ануазы æмæ та йæ ногæй бай- дзаг кæны.
Лисашвили Якинте ДÆЛИМОН I — Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ! — мæсты код- та Иуане æмæ йæ дзых схæлиу кæнын дæр никæй уагъта. — Нагъ, нагъ!— дзырдта алкæмдæр æмæ алкæд- дæр: хъæуы æмбырдты, уынджы, йæ хæдзары... Ра’зы нæ уыди гуыбыргомау бурдзалыг Иуане... Гъемæ ма уæд! Уый нæ фæндыд скъолайы арæзтадмæ хай бахæссын, фæндагмæ базилын, библиотекæ сара- зынæн сомырдæг раттын... Иуныхасæй, æхсæнадон царды охыл цыфæнды хъуыддаг дæр уыдаид, — йæ зæрдæмæ ницы цыдис æмæ-иу «нагъ-нагъ» кæнын рай- дыдта. Хаттæй-хатт-иу йæхицæн пайда цы хъуыддаг уыдис, уый тыххæй дæр «нагъ» загъта, уымæн æмæ афтæ дзурын сахуыр ис. Иуане нæ уарзта уазæгуаты цæуын: ома уæд йæхи дæр хонын хъæудзæн. Фæлæ йæ куы федтаиккат, куыд тагъд-иу фæцæйуад, зиан кæм уыд, ахæм хæ- дзармæ, куыд зыд хæрд æмæ нозт-иу кодта хисты! Сыхæгтæй-иу искæмæ куывд, хъазт, кæнæ æндæр исты цины хъуыддаг куы уыдис, уæд-иу Иуане фæрæт райста, кæртмæ рацыд, æмæ-иу дзы хъæдтæ хойын райдыдта. Афтæ тынг-иу сæ хоста, æмæ-иу уазджы- тæн сæ зарджытæ нал хъуыстысты. — О, хуыцау дын.ма уа, — хæцыди-иу æм йæ ус Кесария, — райсом дыл бон нал кæны æви? 260
— Ныхъхъус у дын зæгъын! Ды та цы ’мбарыс? — фæхъæр-иу кодта йаё усыл. — Искæй куывдтæ мæнæн ницы пайда сты. — Ауай-ма, мæ хъæбул, дæ фыдмæ акæс,—æфсæр- мæй судзгæйæ-иу дзырдта Кесария йæ хистæр фырт Бесарионмæ. — Æмæ йын æз цы акæнон, мæнмæ хъусы? — загъта-иу Бесарион. Иуане-иу афтæ бирæ æмæ тынг фæхоста фæрæтæй, æмæ-иу сыхæгтæн сæ хъæлдзæг- дзинад сæ фарсæй фæци. Р1æ цыппар фырты Иуанё, йæ усы лæгъстæтæм гæсгæ, радта скъоламæ, фæлæ йæ иунæг чызгæн ницы сæрфат ардта, ницæуыл æй ахуыр кодта. Афтæмæй сын, мæгуыр, Тинæ цас фæлæгъстæ кодта, скъоламæ мæ раттут, зæгъгæ. — Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ. Ницæмæн хъæуы чызджы ахуыр кæнын! ; Тинæйæн йе ’мбæлттæ партæты раз куы бадтысты, уæд уый та хъазтæ хызта. Хистæр фырт хъæууонскъолайы цыппæрæм кълас- мæ куы бахызт, уæд Иуане алыг кодта: — Æгъгъæд ын фæуæд! Мæ фырт мæ хæдзары куыстæн хъæуы. Дыккаг фырты дæр ракодта скъолайæ, горæтмæ йæ аласта æмæ йæ дзабырхуийæгмæ ахуыр кæнынмæ радта, æртыккаг фырты та иу хъæздыг къупецагмæ лæггадгæнæгæй арвыста. Сывæллæттæ цин кодтой, сæ фыдæй кæй фервæз- тысты, ууыл, кæд сын мадæй фæхицæн уæвын зын уы- ди, уæддæр. Иуане-иу йæ фырттæй искæй куы федде кодта, уæд-иу сæхимæ æрбацæйздæхт, йæхицæй ныббузныг, афтæмæй. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр-иу фæндаг- гæттæн йæ сæрæй акуывта; уыдон та-иу, сæхи фæиу- варс кæнгæйæ, сæхиуыл дзуæрттæ æфтауын байдыд- той, ацы бурдзалыг лæджы æвзæр цæст мын мацы кæнæд, зæгъгæ. II Азæй-азмæ Иуане кодта зыдæй-зыддæр æмæ хъæз- дыгæй-хъæздыгдæр. 261
«Кусæг мæ баххуырсын хъæуы, — загъта йæхины- мæр. — Æнæ æххуырстæй лæг хæдзары куыстытыл не ’ххæссы. Нартхор фылдæр куы æртона, уæд æз дæр фылдæр ауæй кæндзынæн базары, хъæды бæлæстæ фылдæр куы акала, уæд фылдæр суг аласдзынæн го- рæтмæ». Æмæ райдыдта зæрдæзæгъгæ æххуырст агу- рын, хæргæ æмæ хуысгæ бынтон гыццыл чи кодтаид, ахæм. Фæлæ нæ ардта. Иуы-иу нæма баххуырстаид, аф- тæ кæс æмæ та йæм æндæр кусы: уый дæр дыууæ-æр- тæ боны акуыстаид, стæй-иу кæнæ йæхæдæг алыгъд, кæнæ-иу æй тæргæ акодта. — Нагъ, нагъ, арæбын æллæху нæ мæ хъæуы, — мæстыйæ-иу дзырдта Иуане. — Уый кусæг нæу, фæлæ бынхор! Иуане æхца бамбырд кодта æмæ сарæзта гыццыл куырой. Ссæггаг йæ хъæуккæгтæй иста, цы æмбæлы, уымæй &ртæ хатты фылдæр. — Исгæ кæн, фæлæ адæмæн сæ царм ма стигъ, — уайдзæфтæ йын кодтой фæйнæрдыгæй. — Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ! Кæй зæр- дæмæ нæ цæуы, уый йе ’ссинаг дæс версты фалæмæ хæсгæуæд! «Æхца æхцамæ цæуы...» — цин кодта Иуане, изæ- рыгæтты йе ’фтиæгтæ нымайгæйæ. Ноджы йе ’фсымæр æмæ йе ’фсымæры ус хъуырнизæй амардысты æмæ сын сæ мулк æмæ сæ сывæллæтты йе ’вджид бакод- той. Иуане рæвдз бавнæлдта хицауиуæг кæнынмæ. Хæдзар ауæй кодта, сидзæртæн ма ныууагъта иу хъæмпынсæр къæс æмæ йæхиуыл тыххæй чи хæцыд, ахæм къуту; фæтардта сын базармæ сæ хъуг æмæ сæ дыууæ галы æмæ сæ ц’ы æхца райста,уыдон йæ дзып- пы цæвæрдта, кæй сфыдæбон кодта, уый тыххæй. Сæхимæ куы ссыд, уæд æхсæв-бонмæ йæ цæсты- тыл хуыссæг не ’рхæцыд. Æмæ афтæ æнхъæлут йе ’дзæсгом митыл фæсмон кодта? Куыннæ стæй!'.. Бон нæма æрбацъæх, афтæ йæ хуыссæнæй фæгæпп ласта, ставд лæдзæг райста æмæ кæдæмдæр фæраст. — Кæдæм та? — адзырдта йæм йæ ус. — Ницы дæ хъуыддаг ис! — фæхъæр ыл кодта Иуане æмæ йæм фæстæмæ дæр нæ ракаст. 262
Æрмæст æртыккаг бон изæрырдæм æрбаздæхт хæ- дзармæ, йемæ цавæрдæр дæргъындзæг лæппуйы æр- бакодта, афтæмæй. — Кæм та фæдæлдзæх стут æгас бинонтæй?! — æрбайхъуыстис уынгæй Иуанейы хъæр. Йæ лæджы кæддæриддæры «арфæтæ» айхъус- гæйæ, Кесария фестад. Уæддæр, мæгуыр, бацин кодта йæ «сæрыхицауы» æрбаздæхтыл. — Хорз сиахс нæу? Куыд дæм кæсы? — æппæлы- ны хуызы бафарста Иуане, йæ зылын цæстæй иу ран- мæ чи ныккаст æмæ гуымиры лæуд чи кодта, уыцы дзыгъуырдзæсгом дæргъындзæгмæ амонгæйæ. — Цавæр сиахс? Цытæ дзурыс? Кæй æрвитыс чындзы, дæ бон ныккалай! — Куыд кæй? Ме ’фсымæры чызг Гулканайы! — Мæгуыры бон мыл акодта! — йæ сæрмæ фæлæ- бурдта Кесария. — Æмæ уый’ нырма сывæллон куы у! Дæ сæры зонд бынтондæр куы фæцыд! Уьщы ныхæстæм лæг ахæм дзых фегом кодта æмæ Кесария йæ рустæ фæхоста æмæ хъарæггæнгæ иуварс ацыд. Иуцасдæры фæстæ Гулкана æмæ Иларионыл ар- гъуаны саргъуыдтой. Сарайзтон сын чындзæхсæв. Алцыдæр хорз ацыди. Гъе æрмæст иу хъуыддаг маст уагъта Иуанейы: сауджын чызг æмæ лæппуйыл æнæзакъонæй кæй саргъуыдта, уый тыххæй йынИуа- не радта фондз сомы æмæ йе ’хцайыл мæстæй мард. Чындзæхсæвы хæстæджытæ йедтæмæ ничи уыд. Æддагæттæй та æрмæстдæр сæ сыхаг Уасил. Фысы- мæн тынг хъыг уыди йе ’рбацыд. Зараг æмæ хъазын уарзаг Уасил хæрд æмæ нозт кæм зыдтаид, уырдæм кæддæриддæр æнæ хонгæйæ цыди. Иуанейы амæстæй марыны тыххæй ныр Уасил ныззарыди: Сси не ’сиахс Иларион, Ничи йæ зоны, чи у, кæцон? — Куыд кæцон? — рамæсты ис Иуане. — Æз æй дыууæ боны куы фæцагуырдтон. Хуыцау сын раарфæ кæнæд, чи мын æй бацамыдта, уыцы хорз адæмæн. , Иæхицæн, мæгуыр, гоны бадти. Æмæ ма дзы ныр дæр бадтаид, æз ын куы нæ уыдаин, уæд! 263
Уасил ахæм худт ныккодта æмæ Иларион куыд- дæр фæтыхст. — Фæндыр-р! — æваст фæхъæр кодта Уасил, — чындз æмæ сиахсæн иу’кафт! Фалдæр алæуут! Æм- дзæгъд! Рагæпп-ма лас, Иларион. Æмæ йæ тых-йæ бонæй Иларионы хъазты астæу- мæ разыввытт кодта. Фæлæ Гулканайы йæ бынатæй сызмæлын кæнын дæр нæ баци йæ бон. Иуане йæм мæсты каст бакодта: — Дæхи фæнд ма тæр, уæртæ чызг! Гулкана фестади æмæ Иларионы алыварс арауай- бауай кодта, мæнæ ахстонæй цъиуы лæппын куыра- хауа æмæ уый йæхи куыд раппар-баппар кæна, уый хуызæн. Иларион, найгæнæн хъилы хуызæн, зæххыл хоста куы йæ иу къах, куы йе ’ннæ. Гулкана цалдæр зылды æркодта йæ алыварс æмæ йæ бынаты сбадти, фæлæ сиахс афтæ æнцон бауромæн нал уыди: кафыди æмæ кафыди, цалынмæ йæ Иуане тыххæй сбадын кодта, уæдмæ. — Æгъгъæд у, мæ хур, æгъгъæд! — бустæхуы- зæй загъта Иуане, Уасилмæ зулмæ кæсгæйæ. Уаси- лæн фырхудтæй йæ цæссыг æркалд æмæ йæ цæстытæ сæрфта. Чындзæхсæв фæци æмæ уазджытæ ахæлиу сты. Гулканайы Иларионимæ иунæгæй ныууагътой. Чызг дзы тынг тарсти. — Цæрут фæрнæй! — загъта сын Иуане æмæ ууыл ахицæн сты йæ фыдæбæттæ йе ’фсымæры чыз- гыл. йæ кæстæр фырт Серапионæн Иуане зæрдæ ба- вæрдта сахуыр кæнынæй. Уымæ гæсгæ йæхиуыл ных- хæцыди æмæ йæ скъолайæ нæ иртæста. Серапион каст куы фæци, уæд фыд æнцонæй сулæфыд: — Ныр мæнæн дæр ис ахуыргонд фырт! Гъеныр рувæн райсæд, мæ хуртæ, æмæ кусæд. — Горæты æхсæзазон скъоламæ йæ ратт, уæд хорз уаид, бæргæ, — нæуæндонхуызæй загъта Кесария. — Хъуыддаг дæ кæм нæ ис, уым та, æнхъæлдæн, дæ фындз тъыссыс! Цæмæн æй хъæуы æхсæз къла- сы? Цæмæй дзы даргъбецыкджын ахуыргæнæг ра- 264
уайа æмæ кусыны бæсты дзæнгæда цæгьда? Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ! Хистæр фырт Бесарионы салдат акодтой, сæхимæ ма баззад иунæг Серапион æмæ уый æххуыс кодта фыдæн хæдзары мидæг. Боныцъæхтæй изæрдалынг- тæм куыста быдыры, фæлæ йын Иуане уæддæр йæ къæбæр йæ цæстмæ дардта. Нæ бафæрæзта Сарапион æмæ сæ хæдзарæй хъæд- мæ алыгъд. Иуане старст. Æмæ дыккаг бон лæппу куы æрбаздæхт, уæд æм ницы сдзырдта, стæй йæм уый фæстæ дæр карзæй дзурын нал уæндыди. Куыройы æфтиæгтæ æмæ йе ’фсымæры мулкæй кæй райста, уыцы æхцатæ иумæ уыдысты æхца пай- дайыл дæттыны фаг. Æмæ Иуане йæ хъæуккæгтæн пайдайыл æфстæуттæ дæттын байдыдта, стæй сын-иу бæгуылæгау зонд амоныныл схæцыди, куыд цæрын хъæуы, цæмæй схъæздыг уой æмæ æфстæуттæ мауал исой, уый тыххæй. Иуане сфæнд кодта къупецагмæ йын цы фырт уы- ди, уый ракæнын æмæ дукани байгом кæнын... Фæлæ уыцы рæстæг райдыдта империалистон хæст æмæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. йе ’ртæ фырты ацыдысты хæстмæ. Иу ма дзы раздæхт, уый дæр æнæ къахæй. Уæдмæ æхцатæн дæр сæ тых асасти. Гъеуымæн сæмбæлди Иуане цингæнгæйæ æвддæ- сæм азы февралыл. III Гуырдзыстоны советон хицаудзинад куы æрфидар, уæд Иуане æмбырдтæм цæуын райдыдта — йæ зæр- дæмæ фæцыди, зæххы тыххæй хъалон кæй нал уыди, уый. Хъæу байдыдта ног цард кæнын: сарæзтой сосæ- вæндаг, дуканийы фарсмæ — ног хæдзар библиотекæ æмæ кæсæндонæн. Иуане уырдæм арæх цыди, — лæм- бынæгæй касти къултыл ауыгъд плакаттæм. Фæлæ мæнæ йæ хъустыл æрцыд, сыхаг хъæуты, дам, сфæнд кодтой зæххы куыст иумæ кæнын.Иуане бамбæрста, йæ цæргæ-цæрæнбонты кæмæ куывта, уы- цы исбоны дзуары цæджындз кæй сæнкъуысти, уый. 265
Йæхи бинонты æхсæн сарæх сты хылтæ, зæгъдтытæ, бинонтæ кæрæдзи нал æмбæрстой. Иуанейы бирæа- зыккон «паддзахдзинадæн» йæ кæрон æрцæйхæццæ кодта. Дзабырхуийæгмæ йын чи ахуыр кодта (хæстæй æнæ къахæй чи сыздæхт), йæ уыцы фырт горæтмæ ацыд æмæ йæ уым дзабырхуийджыты артелмæ айс- той; кæстæр фырт Серапион куы бамбæрста, ныр ын сæрылхæцæг ис, уый, уæд хæдзарæй йæхи дард ла- сын байдыдта. Æрцыди, адæм бирæ кæмæ фенхъæлмæ кастысты, уыцы бон: Иуане кæм царди, уыцы хъæуы сарæзтой колхоз. Хуыфæг хурхæй мардта Иуанейы, цы гуыбыр уы- ди, уымæй ноджы тынгдæр ныггуыбыр ис, ныкъæдз. — Хæрз зæронд ныддæн, — хъаст кодта кæуыл- дæриддæр æмбæлд, уыдонæн, — ныххæррæгъ дæн, æппындæр нал бæззын... Цы пайда уын дæн? Фæлтау ма цы дыууæ боны цæрын, уыдон зæронд цардæй арвитдзынæн. Стæй искæй хардзæй цæрын нæ сахуыр дæн. Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ! Уый хыгъд Серапионы цинæн кæрон нал уыди, кол- хозмæ йæ куы айстой, уæд. Хур ыл ныккаст. Зæрдиа- гæй куыста быдыры. Мад цин кодта йæ фырты амон- дыл. Зæронд Кесарияйæн ныр, æдзух йæ загъд æмæ йæ бустæ йæ былалгъыл чи дардта, уыцы Иуанеи- мæ цæрын зын сси. Иу хур бон, сыхæгтæ кусынмæ куы рацыдысты, уæд Кесария дæр семæ фæраст. Бацин ыл кодтой колхозои сылгоймæгтæ. — Кæсут-ма уæртæ, нæ зæронд уынджы къæйыл баззад, йæ зонд фæцыди, æнаккагæн! — хъæр кодта йæ фæдыл Иуане. — Нагъ, арæбын æллæх, нагь! Нæ мæ хъæуынц ахæм бинонтæ, нæ. Дæлдзæх фæуæнт! Иуанейæн йæ ус æмæ йæ фырт удхæссæг феста- дысты æмæ сæ бынтондæр ахицæн; кæрты йæхицæи иу зæххы гæппæл рахицæн кодта æмæ йæ æрæхгæд- та. Йæ сæр кæлмæрзæнæй бастæй бон-изæрмæ цы- дæртæ архайдта йæ зæххы хайы. — Куыд сты хъуыддæгтæ? — бафарста-иу æй/йæ рæзты фæцæйцæуæг. 266
— Цавæр хъуыддæгтæ? Цæй хъуыддæгтæ ма мын ныууагътат сымах? Кесария йын-иу хæринаг > бахаста, фынгыл-иу æй æрæвæрдта æмæ æнæдзургæйæ фæстæмæ рацыди. Фæлæ-иу æй Иуане фелгъыста. Адæммæ хæстæг нал цыди Иуане, уыдон дæр æм атигъ сты æмæ тынгдæр ууыл мæсты кодта. Хъæуы цард азæй-азмæ хуыздæр æмæ хъæлдзæгдæр кодта. Суанг .ма Иуанейæн йæбинонты цард дæр размæ ацы- ди, йæхи йын фæстейы фæуагъта, афтæмæй. Иухатт, фæззæджы, адæм сæ фæллой куы бафс- найдтой, уæд Серапионмæ æрæмбырд сты йæ хæлæрт- тæ. Мадæн уазджыты æрбацыд афтæ æхсызгон ни- куыма уыд, ахæм хæрзад хæринаг никуыма скодта. йæ царды дæргъы йæхимæ абоны хуызæн сæрибар æмæ амондджын никуы фæкасти. Ацы фæллой йæ фыртимæ бакуыста æмæ масын ныр исчи сæ кæр- дзыны къæбæр сæ цæстмæ бадарын бауæндæд! Фæсивæды худын æмæ зарынæй хæдзары бацæ- уæн нал уыд. Иннæ уаты та, бирæгъау йæ дæндæг- ты къæс-къæс цæугæ, Иуане дыууæрдæм рацу-бацу кодта. — Ай цы хабар у, хорз адæм? — дзырдта æнæ- сцухæй. йæ бинойнаг æмæ йын йæ фырт уынаффæгæнджы- тæ сысты. Сæхи афтæ дарынц, цыма уый æгас дæр нал у. Куыд уæндынц, æнаккæгтæ! Ногæй райхъуыст фынджы зарæг. Иуанемæ та уый кæсы мæстæймарыны хуызæн. Фырмæстæй ныррызт, ахауынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Стæй æваст къуыммæ бауади, йæ къоболалæ- дзæг радавта, æмæ йæхи дæр нал æмбæрста, афтæ- мæй дзы дуар хойын райдыдта. Дуар байгом. — Ныццæгъддзынæн уе ’ппæты дæр!.. Чи стут, куыд бауæндыдыстут ардæм æрбацæуын? — хъæр кодта Иуане. — Уый иууылдæр ды дæ, калмы лæп- пын! — багæпп ласта йæ фыртмæ æмæ йын къобола лæдзæг йæ сæрыл æруагъта. Куырисы хуызæн æрфæлдæхти Серапион зæхмæ. Уазджытæ йæ фелвæстой æмæ йæ тъахтиныл æрæ- вæрдтой, йе ’муд æй æрцæуын кодтой. Иуанейæн йæ 267
маст тарстмæ раздæхт: мæ фырты амардтон, зæгъгæ, йæ уатмæ лидзæг фæци. — Сырды мыггаг, — хъæр кодта йæ фæдыл Кеса- рия. — Сырд, сырд! Фыртæссæй ризгæйæ Иуане кæртмæ рахъуызыд æмæ гоны бамбæхсти. Зыр-зыргæнаг къухæй сгарын райдыдта, тъæпæнæджы мидæг уырытæмарæн хос. Армыдзаг дзы фелвæста æмæ йæ йæ дзыхы нæмын байдыдта. Артау ссыгъдысты йæ хуылфыдзауматæ. Адæргæй азгъордта цъаймæ, ауагъта дзы къæрта, фæлæ йæм уый фæстæмæ^сласыны хъару нал разынд. — Нагъ, арæбын æллæх, нагъ, нæ мæ фæнды мæ- лын, хорз адæм! — хъæрзыдта Иуане. Адæм куы ’рбамбырд сты, уæд æй æрбаййæфтой зæххыл дыдæгътæгæнгæйæ. — Дæ фыртæн ницы уыди, дæхи йыл ма мар, удæ- гас у! — дзырдтой йæм адæм. — Уый æгас у, фæлæ æз мæлгæ кæнын! Нæ мæ фæнды мæлын, хорз адæм, баххуыс мын кæнут, фер- вæзын мæ кæнут! Бахастой йæ мидæмæ, æрæвæрдтой йæ сынтæгыл. Бадзырдтой дохтырмæ. Кесария йæ цурæй нал цыди. Фæлæ дыккаг бон Иуане йæ уд систа. Кесария æмæ Серапионы сæр хъуыды кæнгæйæ, хъæуы адæм æрбацыдысты зианмæ. Чырыны сæр зæгæлтæй куы хуыдтой, уæд се ’ппæт- мæ дæр диссагау фæкаст, уырдыгæй: «Нагъ, нагъ, арæбын æллæх, нагъ!» — зæгъгæ, куыд нæ райхъуыст, ууыл.
Лория Пармен МАНДАРИНТÆ Дзаг уæрдоны размæ стыр дур фæци æмæ йыл цалх куы атылд, уæд иуырдæм ныкъул ис. Уæрдонæй цалдæр мандарины æрхауд æмæ сызгъæрин фæрдгуы- тау зæххыл ныххæлиу сты. — Джемал, уæ, Джемал! — хъæр кæны уæрдоны фарсмæ цæуæгмæ цæрдæг зæронд лæг. Уый тагъд- тагъд æрцæйуади къуыбырыл. — Цы дыл æрцыд, дæ хорзæхæй, лæппу, æви уæрдонимæ архайын дæр нал зоныс?! Исчи ма ахæм дыргътæ афтæ тауы? — бауай- дзæф кодта Миха йæ фыртæн, йæхæдæг уæрдонæй цы мандаринтæ ахауд, уыдон æруыгъта æмæ сæ фæстæмæ сæ бынаты цæвæрдта. — Кæрæдзийы хъыг дарынц, ацы æлгъыст хайуан- тæ, алчидæр дзы йæхи фæраздæр кæныныл архайы æмæ уæрдон сцоппай кодтой, — дзуапп радта Дже- мал йæ фыды уайдзæфæн. Стæй галты баурæдта сæ фæллад суадзыны тыххæй. — Фæстиат ма кæн, ныртæккæ дæр изæр, дæу та ма ноджы иу хатт цæуын хъæуы. Джемал хурмæ скаст. — Ницы кæны, мæйрухс æхсæв дæр мæ нæ ба- хъыг дардзæн! — Джемал йæ галты æрсæрфтытæ кодта. — Уæвгæ нæ бирæ ласьш нал хъæуы. Райсом ма дыууæ уæрдоны куы баласæм, уæд нæ бæстæйы раз нæ цæсгом ссыгъдæг уыдзæн, — загъта Миха æмæ мандаринты цæхæрадоныл йæ цæст ахаста. 269
— Нæ, æз ма нæ хæсæй уæлдай дыууæ тонны ба- ласыны дзырд радтон æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæ- нон. — Нæ фæллой, куыд ницы дзы фесæфа, афтæмæй куы сæмбырд кæнæм, уæд, чи зоны, дыууæ нормæйы дæр баласæм... Цæй, æгъæгъæд у фæллад уадзынæн, ахъæр кæн дæ галтыл! Джемал уæрдоны бынæй цæлхдур иуварс аппæрс- та æмæ галтæ сæ бынатæй фезмæлыдысты. Миха фæзилæны онг уæрдоны фæстæ фæцыди. Стæй фæстæмæ раздæхт æмæ, йæ хæдзар цы къуы- бырыл лæууыд, ууыл схæрд кодта. Хæдзары раз стыр къуындзихыл йæхи æруагъта æмæ разыхуызæй йæ алыварс йæ цæст ахаста. Цæгат - хурыскæсæнырдыгæй, дыргъдæттæ æмæ бульварты æхсæнæй, денджызы былгæрæттæй зынды- сты санаториты æмæ фæлладуадзæн хæдзæртты сæнт- урс бæстыхæйттæ. Хурныгуылæнырдыгæй дардыл ан- хъæвзта æрвхуыз цъæх денджыз, ранæй-рæтты фæ- къахыр ис рæсугъд æрдæгсакъадæхтæй. Зæронд Михайæн ам, Кобулеты, алцыдæр зынд- гонд у, алцæуыл дæр дзы сахуыр: денджызыл дæр, йæ былгæрæттыл дæр, суанг ма цардыл æгасæй дæр цæст сахуыр ис. Фæлæ йæм дунейы рæсугъддзинад абон уæлдай тынгдæр бахъардта, йæ зæрдæ цинæй байдзаг. Æрбайхъуыстысты сывæллæтты зыланггæнаг хъæр- тæ, сæ хъæлдзæг уынæр, — уыдон æрбаздæхтысты скъолайæ. Зæронд лæг сæм уарзæгой цæстæй ракасти. — Кевсер, рауай-ма, мæ хуры чысыл, стæй де ’мбæлтты дæр демæ ракæн! — адзырдта сывæллæт- тæм æмæ сæм йæ къух батылдта. — Цомут, дада нæм дзуры, — загъта Кевсер йе ’мбæлттæп æмæ йæ фыдыфыд Михамæ базгъордта. Кæл-кæлгæнгæ йæхи дадайы хъæбысмæ баппæрста, йæ чысыл къухтæй йе ’фцæджы æрцауындзæг æмæ йын йæ русæн ныпъпъа кодта. — Абон та цытæ ахуыр кодтай, мæ зæрватыкк?— рæвдаугæ хъæлæсы уагæй бафарста Миха гыццыл чызджы. — Мандаринты тыххæй æмдзæвгæ... Нæ, нæ, ман- 270
даринты тыххæй нæ, фæлæ сæ æмбырд чи кæны, уыдоны тыххæй, — дзуапп радта Кевсер æмæ уы- цы минут æмдзæвгæ йæ сæрæй йæ кæронмæ радзырдта. — Цомут-ма мандаринтæ тонынмæ! — загъта чызг. Миха цы къуындзихыл бадт, уый раз йæ хызын æд чингуытæ фæуагъта æмæ йе ’мбæлттимæ манда- ринты цæхæрадонмæ азгъордта. — Цы цард уын и, цы? — цыма сын сæ амондмæ хæлæг бакодта, уыйау сабыргай сдзырдта зæронд Миха æмæ йæ алыварс акаст. — Æз дæр амондджын дæн, ахæм цард ма кæй федтон. Миха йæ сæр æруагъта æмæ йæ цæстытыл ауа- дысты ивгъуыд азтæ, йæ раздæры цард. йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ тухи æмæ йæ хъизæмары царды бонтæ. Дæсаздзыд лæппуйæ куыста хъæздгуытæм æх- хуырстæй. Æдзух æххормаг, бæгънæг, æнæ хæстæгг æнæ хион. Уалынмæ слæг и, фæлæ йæм уæддæр куыдз æрцæвæн къæцæл дæр нæ уыди. Иу йæхи хуызæн мæ- гуыр æмæ сидзæр чызг æй бауарзта. Миха йæ ра- куырдта æмæ сæм уæд цыдæр дзаумайы муртæ фæ~ зынди. Тынг зын цард кодтой лæг æмæ ус, фæлæ кæрæ- дзийы бирæ уарзтой æмæ сæ уарзондзинады фæрцы алцæмæн дæр фæрæзтой. Уыдис сын дыууæ сывæл- лоны: саулагъз, сауцæст чызг Кевсер æмæ хъæддых арæзт, фыдуаг, фæлæ хæларзæрдæ лæппу Джемал. Михайæн кæд цæрын зын уыди, уæддæр йæ ныфс никуы саст. йæ зæрдæ дардта, тагьд сывæллæттæ кæй байрæздзысты æмæ кусын куы райдайой, уæд ын кæй фенцондæр уыдзæн, ууыл. Фæлæ мæгуыры сæнттæ уæды заман рæстмæ кæм кодтой. Кевсерыл дыууадæс азы рацыд, фæлæ кусын йæ бон нæ уыд. Æнамонд тæфсæг ыл бафтыд æмæ чызг, мæгуыр, бонæй-бонмæ тади. Дæсаздзыд Джемал йæ хомæ тынг хорз касти. Боп изæрмæ хъæды къуымты, цæхæрадæтты, сыхæг- ты кæртыты зылди æмæ дыргътæ æмбырд кодта, цъиутæ мардта. Йæ къухы-иу цыдæриддæр бафтыд, уыдон-иу иууылдæр йæ хойæн æрбахаста. Джемал тынг æнувыд уыди Кевсерыл. Кевсер дæр йе ’фсымæры тынг уарзта, фæлæ йын 271
йæ бон ницы хорздзинад фæуын уыдис. Æрмæст æм-иу йе ’стыр æнкъард цæстытæй касти æмæ касти. Иухатт Джемал бахъуызыд сæ хъæздыг сыхаг инæлары цæхæрадонмæ. Уæдмæ алчи йæ цæхæра- доны дыргътæ æртыдта. Æмæ ныр лæппу инæлары цæхæрадоны сызгъæринхуыз дыргъджын бæлас куы федта, уæд дисæй амарди. Джемал дыргътæн сæ ном нæ зыдта, фæлæ дзы уæддæр дыууæ æртыдта, йæ ро- ны сæ амбæхста æмæ йæ хомæ азгъордта. Кевсерæн йæ ком хус кодта æмæ ныр туаггомау адджын дыргътæ ахæм æхсызгонæн ахордта, æма? раст йæ зæрдæйыл сæмбæлдысты. Чызг бахъæлдзæг ис. — Ехх, ныр нæм ахæм бæлас куы уаид æмæ йыл ахæм дыргътæ куы заид! Уæд бынтондæр адзæбæх уаин, суанг мæ хуыссæнæй дæр сыстин, — æнкъар- дæй загъта чызг. — Æз ма дын дзы ноджыдæр æрбахæсдзынæн, æрмæст дадайæн ма зæгъ, — зæрдæ йын бавæрдта Джемал. Æмæ йын æцæгæйдæр Джемал алы бон сусæгæй цалдæр мандарины хаста. Уыдис зымæгон уазал бон. Ныгуылæнырдыгæй дымгæ футтытæ кодта. Денджызы уылæнтæ-иу тыз- мæгæй хæрдмæ фæцыдысты. Бæлæсты сыфтæр аз- гъæлд, быдыртæ баззадысты сидзæрæй. Хъæу йæ фæллад уагъта. Гъе та, æвæццæгæн, къо- найы фарсмæ сæргуьгбырæй бадгæйæ йæхимæ хъуыс- та. Уæлдай æнкъарддæр уыди Михайы хæдзары. Кев- сер иста йæ уд. Мад бадтис йæ дæлфæдтæм æмæ йæм тарст, кæуындзаст цæстытæй касти. Миха лæууыди дуары раз сæргуыбырæй. Хæдзары сыбыртт никуыцæй цыд, æрмæст дзы-иу хатгай фехъуыст, уарыны уæззау æртах зæхбыныл куыд сæмбæлд, уый уынæр. Михайæн йæ бон нæ ба- ци йæ хъæмпæй æмбæрзт хæдзары сæрмæ базилын æмæ дзы дон хъардта. ( — Цымæ ацы фыдрæстæг нæ лæппу кæм лекка. кæны? — батыхсти Миха. 272
— Æнхъæлдæн, нæ сыхæгтæм ис, — загъта мад. — Хъазыныл фæци, æвæццæгæн, цы дзы агурыс, нырма сывæллон у. Дысон æппындæр нæ бахуыссыд, йæхо- йæн цыдæртæ дзырдта. — Миха, ам дæ цы? — æрбадзырдта чидæр æдде. Миха йæм акаст. Дуармæ лæууыд инæлары цæ- хæрадонгæс. — Инæлармæ дæм дзурынц, — загъта уый. — Цæмæн æй бахъуыдтæн? — фæдис кодта Миха. — Æз та йын цы зонын. Мæнæн цы загътой, уый кæнын. Миха йæ сæрыл басылыхъхъ абаста, йæ усæн загъ- та, ныртæккæ фездæхдзынæн, зæгъгæ, æмæ цæхæра- донгæсы фæстæ ацыд. Зымæг инæлары дыргъдоныл зынгæ дæр нæ фæ- кодта, цыма йæ иувæрсты ацыд, уыйау бæлæстæцъæх дардтой. Миха уыцы дыргъдон фыццаг хатт федта. «Мæ- гуыр лæгæн та ахæм дыргъдон цы хуыцау дæттьт? — æнкъардæй ахъуыды кодта Миха, инæлары хæдзармæ уæлкъуыбырмæ сцæйцæугæйæ. Стæй хæдзарырдæм куы скаст, уæд йæ бынаты сагъдауæй баззад: тыргъы раз, бæласмæ ставд бæн- дæнтæй бастæй ауыдта йæ фырт Джемалы. Йæ фыды фенгæйæ, лæппуйæн йæ цæсгом сырх- сырхид афæлдæхт, æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта — Ай дæ къæбыла у? — балкъонæй рахъæр код- та инæлары урядник, Джемалмæ амонгæйæ. Миха ницы сдзырдта. Æрмæст йæ фыртмæ бакаст æмæ цыма йæ риуы арт ссыгъди, афтæ фæци... Урядник сындæггай кæртмæ æрхызт æмæ комком- мæ Михамæ бацыд: — Æз дæу куы фæрсын, дæ къæбыла у? — О! — тыххæй-фыдæй сдзырдта Миха. — Дæу, нæ? — æмæ Михайы йæ тых-йæ бонæй ехсæй ныдздзæхст ласта. Джемалæн йæ цæстытæ атартæ сты. — Адджын уыдысты мандаринтæ? — зынæрвæс- сон худт кæнгæйæ йæ бафарста урядник. 18 Райдзаст Гуырдзыстои 273
Миха уыцы дыргъы ном йæ цæрæнбонты фыццаг хатт фехъуыста æмæ йæ урядничы ехсы цæфау мыг- гагмæ йæ зæрдыл бадардта. — Адде сæ кæн! — схъæр кодта урядник цæхæра- донгæсыл, фыд æмæ фыртмæ ацамонгæйæ. Лæг Джемалы суæгъд кодта æмæ йæ Михаимæ дыргъдонмæ акодта. Æнæхъæн бон изæрмæ сæ инæ- лары цæхæрадоны фæкусын кодтой: хъацæнтæ хас- той, сугтæ æнтъæрдтой, къахвæндæгтæ сыгъдæг код- той. Æрмæстдæр изæрæй, ныффæлладысты, афтæмæй ацыдысты сæхимæ. Ноджы ма сæм бартхъирæн код- той — искуы ма Джемал инæлары дыргъдонмæ да- вынмæ куы бацæуа, уæд сæ гуырæй райгæ уæнт, зæгъгæ. — Цæмæн бацыдтæ уыцы куитæм? — тызмæгæй бафарста Миха йæ фырты, инæлары кæртæй куы ра- хызтысты, уæд. — Адæттæ мын цæмæн бавзарын кодтай? Джемалæн йæ бон ницы дзурын уыд. йæ цæстыты разæй нæ хицæн кодта, урядник ын йæ фыды ехсæй куыд ныццавта, уыцы æфхæрæн ныв. Æмæ уый уыди Джемалы аххосæй. Уый аххосæй фæхудинаг йæ фыд, уый аххосæй бафхæрдтой сæрыстыр æмæ тыхджын Михайы. Уæд та йæ йæ фыд нæмгæ куы фæкæнид, йæ уд ын фырнадæй куы сласид! Иу сыбыртт дæр не ’скæнид Джемал, æрмæст ын афтæ зын нал уаид. Фæлæ фыд йæ фырты цæстæнгасæй бафиппайдта, йæхицæн дæр куыд зын у, уый, æмæ йын ницуал загъта. — Кевсер уыцы мандаринтæ йедтæмæ ницы хæ- ры, — æппынфæстаг сабырæй сдзырдта Джемал. Уыцы ныхæстæм фыдæн йæ цæстытæ доны разыл- дысты. Уалынмæ йæ хъустыл ауад йæ усы зæрдæхалæн куыд æмæ сæ сыхаг устыты судзаг хъарджытæ. Фыд æмæ фырт бамбæрстой, сæ хæдзарыл цы стыр бæл- лæхсæмбæлд, уый. Цæф сырдау нырдиаг кодта Дже- мал дæр æмæ хæдзармæ азгъордта. Æрхауди йæ мæ- гуыр хойы раз æмæ йæ царды мидæг цы мæстытæ, зындзинæдтæ æмæ æфхæрдтытæ бавзæрста, уыдоныл йæ хойы риуыл хорз фæкуыдта. 274
Ныр нунæгæй баззад. Æдде уарынæй не ’нцад. Уарыди Михайы хæдза- ры дæр. Цыхцырджытæ фестадысты Михайы цæсты- сыгтæ. — Дада, цæмæн кæуыс, цæ? — чысыл Кевсер йæ фыдыфыды æрбахъæбыс кодта æмæ йын хъæлдзæ- гæй йæ цæстытæм бакасти. — Æз куы нæ кæуын, мæхи чысыл Кевсер,- мæ амондджын чызг! Уыцы цæссыгтæ мын мæ цæстыты хæрв исынц æмæ дæ цард, стæй не ’ппæты цард но- джы хуыздæр уынын... — æмæ зæронд Миха йæ риу- мæ æрбалвæста йæ фырты чызг Кевсеры. Афтæ йæ схуыдтой, кæддæр ын чи амард, уыцы чызджы мысы- ны тыххæй.
^^\\\\\:^к'\\\\\\^^^ Чхеидзе Борис ФЫЦЦАГ КЪАХДЗÆФ I Марине сбадти, Калакæй Телавимæ æхсæв æна- фоны цы поезд цыдис, уым. Куыддæр горæтæй ахыз- тысты, афтæ чызг бацыд гом рудзынджы цурмæ. Дыууæ боны размæ институты къамис бауынаф- фæ кодта Маринейы кусынмæ Гомареулы колхозмæ арвитын. Бирæ рæсугъд хъуыдытæ ис æрыгон чыз- джы сæры, бирæ цæимæдæртимæ дзуры йæ зæрдæ. Æмæ куыннæ — Маринейы царды мидæг уый фыц- цаг къахдзæф у. Ныртæккæ уымæ алцыдæр диссагау кæсы, æмæ йæхинымæр загъта: «Ахсæв мын схуыссæн нæй, рудзынгæй æддæмæ кæсдзынæн». Дард кæцæйдæр Маринемæ хъуысти тракторы гуыв-гуыв, сæ цырæгъты рухс-иу хатгай ферттывта вагоны рудзгуытыл. Хъæлдзæг, зыланггæнаг хъæлæс- джын лæппутæ станцæты уæй кодтой чъерамитæ, харбызтæ, неситæ, сæнæфсиртæ. Сæрвæттæй кæй скъæрдтой, уыцы фосы дзугтæй сосæвæндаг урс адардта. «Фæззæгмæ бирæ нал ис», — ахъуыды кодта Марине. Аходæныл поезд æрхæццæ иу гыццыл станцæ Ша- шианимæ. Калачы йын куыд дзырдтой, афтæмæй Го- мареулимæ ардыгæй машинæтæ арæх фæцæуынц. Хур арвы астæумæ схæццæ ис.Алазаны комьг æну- дæй сулæфæн нæ уыд. Марине вагонæй рахызт, йæ 276
дыууæ дзæкъулы зæххыл æрæвæрдта, æмæ йæ алы- варс йæ цæст ахаста. Сосæ хæццæ кодта суанг æф- сæнвæндаджы цурмæ. Адæм тындзыдтой машинæтæм. Марине сæм каст æмæ хъуыды кодта, кæцырдæм æй цæуын хъæуы, ууыл. Адæм дæр æм кастысты. Мари- нейы хуызæн зæрдæмæдзæугæ чызгмæ чи нæ бакæс- дзæн! Йæ урсцъар цæсгомыл цæхæртæ калынц дыууæ сау-сауид цæсты, йæ рæсугъд сæрыл æрбатыхст хъæ- бæр быд ставд дзыкку. Хæрзконд гуырыл тынг хорз фидыдта бурбын дарийæ спортивон костюм. йæ гыц- цыл рæсугъд къæхтыл уыд рог туфлитæ æмæ цыллæ наскитæ. Шлагбаумы æдде цы æхсæз машинæйы лæууыд, уыдоны шофыртæ сæ каст чызгмæ скодтой, сæ цæст дзы нал истой. Гуырысхо нæ кодтон, чызг Алазаны фаллаг фарсмæ кæй цæудзæн, ууыл. Фæлæ цымæ кæцы хъæумæ? Стæй цымæ кæй хъул абаддзæн сах, — ахæм рæсугъд чызг аласыны амонд кæмæ æр- хаудзæн? Раст зæгъгæйæ, афтæ дæр зыны, цыма рог машинæйы цæуынмæ хъавы. Æвæццæгæн уæзласæн машинæйы бынат æрцахсынмæ дæр уымæн нæ тагъд кæны. «Цæй, уый йæхп хъуыддаг у, мах æнхъæлмæ кæсыимæ нал æвдæлы», — ахъуыды кодтой шофыртæ æмæ, хуымæтæгдæр цæуджыты сæ машинæты авæр- гæйæ, араст сты. Станцæйы цур ма баззад æрмæст- дæр иунæг машинæ, æмæ Марине йæ каст уымæ скод- та. Машинæпы цы дыууæ лæппуйы бадт, уыдон шофыры хуыдтой Давлур. Маринемæ ацы ацæргæ уæз- данхуыз шофыр, йæ хъуыддаг тын-г хорз чн зоны æмæ баууæндæн кæуыл ис, ахæм адæймаг фæкаст. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты, машинæйы цы дыууæ лæппуйы сбадт, уыдон дæр. Лæппутæй иуы цæсгомæй зыдта. Цалдæр хатты йæ Калачы институтмæ фæцæйцæу- гæйæ трамвайы федта. Стæй йæ галиу русыл уыди раст нартхоры нæмыджыйас сау стъæлф. Лæппутæ сæ чингуыты бæстытæ æмæ сæ дымст пъартфелтæ машинæйы кузовы сæвæрдтой, сæхæдæг цæуылдæр æиувыдæй ныхас кæнын райдыдтой, чызджы хъуыды дæр нæ кодтой, афтæмæй. Фæлæ сæ Марине йæхæдæг афарста: 277
— Сымах, æнхъæлдæн, Алазаны фаллаг фарсмæ цæут? — О, — дзуапп радта лæппутæй иу, фæлæ чызгмæ нæ ракаст. — Æмæ цымæ Гомареулимæ хæстæг нæ цæудзæн машинæ? — Мах нæхæдæг гомареулиæгтæ стæм. — Æмæ мæ уæдæ нæ бахæццæ кæндзыстут? Дзуапп раттыны бæсты лæппутæ Маринейы дзау- мæттæ машинæмæ баппæрстой. Се ’ппæт дæр сбадтысты. Шофыр йæ машинæ аскъæрдта уæрæх рыг фæндагыл. Бедо æмæ Солæ- ман, — афтæ хуыдтой лæппутæ сæ кæрæдзийы,—ца- лынмæ Алазаны былмæ бахæццæ сты, уæдмæ цæуыл- дæр æнувыдæй ныхас кодтой, чызгмæ сæ иунæг хатт дæр ничи бакаст. Марине хæцыд кабинæйы сæрыл æмæ йæ алыварсмæ фæлгæсыд. Машинæ къуыбырæй æруади æмæ хидмæ бахызти. Алазаны дон сæрды- дæргъы фæкъаддæр æмæ йæ адаг уæрæхæй зынди. Уалынмæ бахæццæ сты, Алазаны фаллаг фарс хъæдрæбын цы фæндаг цыдис, уымæ. Бæлæстæ аууон дардтой сосæмæ. Фæндаг рæсугъдæй-рæсугъддæр код- та. Шофыр æвиппайды машинæ фæндагæй иуварс фæзылдта, æмæ бахызтысты хъæды астæумæ. Марине амæй размæ никуы федта ахæм диссаджы рæсугъд хъæд. Ам задысты æнусон тулдз бæлæстæ, каштантæ, кæрзытæ æмæ æндæр алыхуызон бæлæстæ. Сæ цъуп- пытæ суанг арвмæ хæццæ кодтой. Чызджы зæрдæмæ хъæд афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ искуы иу тулдзы бын куы ныууагътаиккой, уæддæр æм хъыг нæ фæ- кастаид. Раст уыцы рæстæг фæцыд цавæрдæр æхситт. Машинæ фæцудыдта æмæ ныллæууыди. Шофыр каби- нæйæ рагæпп кодта, машинæйы бынмæ бабырыд æмæ дзы даргъ зæгæлджын нæзы фæйнæг раласта. — Чи аппæрста цымæ ацы фæйнæг ам? — смæс- ты ис Давлур. Йæхæдæг рæвдз февнæлдта, данкърат авæрдта, æмæ цалдæр минутмæ цалх раппæрста. Шн- нæ дыууæ раны хуынкъ разынди. Бедо æмæ Солæмаи дæр шофырæн æххуыс кодтой. Марине сын уæддæр ницы ахъаз уыд æмæ фæндаджы иувæрсты араст, уæлкъуыбырæй йæм цы æрдæгхæлд аргъуан зынд, 278
уырдæм. Аргъуаны кæртмæ куы бахызт, уæд фæком- коммæ лæгъзгонд стыр урс дуртæм, æвæццæгæн сæ раджы кæддæр исты арæзтадæн æрцæттæ чындæуыд. Кæрты зади стыр тулдз бæлас, уый дæрдтыл айтыгъ- та йæ сыфтæрджын къабузтæ. «Ауыл дæс адæйма- джы дæр не ’рбаххæсдзысты», — ахъуыды кодта Марине. Тулдз бæласы зæнгыл суанг йæ цъуппы онг фидар æртыхст ставд сæнæфсир. Марине йæхи сивæз- та æмæ ратыдта рæгъæд сæнæфсиры пуцал. Бедо æмæ Солæман бадтысты, уад кæй афæлдæхта, ахæм бæласы бындзæфхадыл. Марине сæм зулмæ бакаст. Куыддæр æм хардзау каст, лæппутæ йæ хъуыды дæр кæй нæ кодтой, уый, æмæ фыдæнæн уыдоны нæ, фæлæ шофыры афарста: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, ацы бынат куыд хуи- ны? — Наенислари,—сдзырдта шофыр, стæй ма мæс- тыхуызæй бафтыдта: — Æмæ куыдфæнды дæр хуыи- нæд, цæмæн мæ хъæуы! Ацы æнæхаиры ран тухи кæ- ныны бæсты афонмæ мæ фæрныг хæдзары сихор хæрин. — Цы агурыс, цы, нæ хо? Æнхъæлдæн æмæ нæ уазæгчызджы зæрдæмæ хъæддаг сæнæфсир фæцыд,— хинæйдзаг худт бакодта Солæман. Марине цырдгомау бауад лæппутæм. — Мæ хап уын, — бадаргъ сæм кодта сæнæфсиры< пуцал. — Нæ, æз уый тыххæй нæ загътон, — фефсæрмы- ис Солæман, — стæй сæнæфсирыл уыйас æнувыд нæ дæн... — Кæй зæгъын æй хъæуы, сымахмæ сæн хуыз- дæр кæсдзæн, — йæ мидбылты бахудти Марине. — Цæмæн афтæ зæгъыс? Сæн... — Ма йыл æууæнд. Фынджы уæлхъус куы фæба- ды, уæд иунæг нуазæн дæр нæ аздахы, — загъта Бедо. Марине ныххудтис æмæ сæм æцæгæй хатын рай- дыдта, уæлдайдæр та Солæманмæ: — Фен-ма йæ, фен, хъæддаг сæнæфсир нæу, ма тæрс! Æстдæсæм кæнæ та æвддæсæм æнусы, ацы аргъуаны ма кувгæ куы кодтой, уæд дзæнгæрæгцæгъ- 279
дæг, кæнæ та, æвæццæгæн, кувæг адæмæй исчи æры- гон тулдз бæласы бын сæнæфсиры къалиу ныссагъта. Уыцы къалиу нæ бамбыд, нæ бахус, фæлæ сфидар, сы- рæзыд æмæ йыл ныр зайы диссаджы сæнæфсиртæ. Сымах та йæ хъæддаг хонут! Æвæдза, куыд ницы æм- барут! — Уæ, мæ хæсгæмæрдтæ! Раздæр æй куыннæ æр- хъуыды кодтон, — йæ сæрыл фæхæцыд Бедо. — Ды> æвæццæгæн, махмæ историйы ахуыргæнæгæй кус- дзынæ? Зæгъ-ма, кæцы скъоламæ æрвыст дæ? Кæд афтæ у, уæд базонгæ уæм — æз дæн адæмон ахуыра- ды хайады инспектор Хосиашвили Бедо, мæнæ ацы скептикта у матсматикæйы ахуыргæнæг Хелидзе Со- лæман. — Æнхъæлдæн æмæ уæ фыдæнхъæл фæкæндзы- нæн, — загъта чызг. — Æз Санеблидзе Марине дæн, агроном. — Æз дæ-иу Калачы арæх федтон, — загъта Хелидзе. — Федтон дæ-иу æз дæр, — бахудти чызг. Шофыр сæм фæдзырдта, æмæ сæ ныхас ууыл ахи- цæн. Бахæццæ сты Гомареулимæ. Бедо æмæ Солæман рахызтысты астæуыккаг скъолайы чъырæйцагъд стыр агъуысты цур. Шофыр чызджы колхозы правленимæ бахæццæ кодта, стæй сæхимæ ацыд. Правленийы кæрты уыди бирæ адæм, фæлæ дзы Маринейы хъуыды дæр ничи æркодта. Чызгмæ уый хардзау æркаст, йæ дзаумæттæ тыргъмæ бахаста æмæ даргъ бандоны кæрон æрбадт. «Савенахе! Хохбис-Цкаро! Наниорали!», — хъуыс- ти колхозы сæрдары кабинетæй. Ныхас цыди сæнæф- сирдæттæн ног зæххытæ снысан кæныныл. Уый тыххæй æрвыст уыд Мариме дæр æмæ йæ тынг фæндыд хъуыддаг бæлвырддæр базонын. Ардæм куы цыдис, уæд ын бафæдзæхстой, дæ сæйраг хæс уыдзæн сæнæфсирдæттæ фылдæр кæнын, зæгъгæ. Æмæ ныр ам колхозы правленийы ныхас уыцы хъуыддагыл цæуы, фæлæ дзы Маринейы иу фæрсæг дæр нæй. Чызг сагъæсы бацыд, уæдæ цы бакæнон, зæгъгæ. Уалынмæ йæ амондæн тыргьмæ рацыдис иу лæг, йæ уæлæ цъæх 280
костюм; йæ риуы дзыппæй зындысты алыхуызон кърандæстæ æмæ автомат ручкæ. — Чи дæ хъæуы? — бафарста Маринейы. — Колхозы сæрдар, — дзуапп радта чызг. — Уæдæ уый тагъд нæма равдæлдзæн, стæй йæ быдырмæ цæуын хъæуы. Фæлтау-иу изæры æр- бауай, — загъта лæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыд- та: — Æз та колхозы бухгалтер дæн. — Æз та агроном, — загъта Марине. — Хъуамæ Санеблидзе Марине дæ? Æртæ боны размæ мын районы дæ кой кодтой, — загъта бухгал- тер æмæ чызгмæ бакаст, ома, ай цавæр агроном у. Æвæццæгæн, Марине бухгалтеры зæрдæмæ тынг нæ фæцыд. Уымæн æмæ лæг йе ’рфгуытæ фæтар код- та æмæ æнæдзургæйæ фæстæмæ сæрдары кабинетмæ бацыд. Иуцасдæры фæстæ тыргъмæ рацыди бæзæрхыгтæ арæзт бæрзонд лæг. Цыдаид ыл иу-дыууиссæдз азы, йæ даст цæсгомыл дзæбæх фидыдтой даргъ рихитæ. Чызджы раз æрлæууыд æмæ йæхи бацамыдта: — Колхозы сæрдар Храмелашвили Давид. Ды та, кæд нæ рæдийын, уæд Санеблидзе Марине дæ, агро- ном. Дæ фыды чызг куы уай, уæд нæ хъуыддаг иумæ хорз ацæудзæн, бафидаудзыстæм. — Æмæ йæ зоныс? — Куыннæ. Мах цыппор æртыккæгæм азы не- мыцаг лæбурджыты советон зæххæй иумæ тардтам. Иван нæ хайы къамандир уыди. Маринейæн фырцинæй йæ уадултæ фæсырх сты. Уый зæрдиагæй райста сæрдары къух, æмæ йемæ кабинетмæ бацыд. Храмелашвили чызгæн сбад дæр нæма загъта, афтæмæй йæ базонгæ кодта правленийы уæнгтимæ. — Ацы уазæг у нæ колхозы агроном Санеблидзе Марине! — загьта та сæрдар. Ничи ницы сдзырдта. Марине бамбæрста, сæ зæр- дæмæ кæй нæ фæцыд, уый. Æгæр-мæгуыр æм дзы комкоммæ дæр ничи бакаст, уыцы æнæдзургæйæ се ’ппæт дæр сæ сæртæ æруагътой. чДзурын райдыдта сæрдар йæхæдæг: — Хорз уыдаид, æмбал Санеблидзе, нæ абоны 281
æмбырды куы фæцадаис, уæд. Мах ныхас кодтам ног сæнæфсирдæттæн зæххытæ равзарыны тыххæй. Мæ- нæдын нæ хуыздæр бригадир Хосиашвили Мамило,— сæрдар йæ къух æрæвæрдта ацæргæ колхозоны уæхс- кыл, — равдисдзæн садзинаг сæнæфсиры талаты, стæй сын цы зæххытæ рахицæн кодтам, уыдон. Ацу йемæ, зæххы мæртæ фен æмæ нын зæгъ, хуыздæр кæм у ныссадзынæн. Исты фарстатæ дæм куы фæзы- на, уæд уыдоныл та правленийы æрныхас кæндзыс- тæм. Сæрдар хъуыддаджы ныхас куы фæци, уæд ма бригадирæн загъта: — Мамило! Агрономæн уал дæ ног хæдзары иу уат ратт, стæй уæд фендзыстæм. Бригадир разы дæн, зæгъгæ, йæ сæр батылдта, йæ бынатæй фестад, рудзынджы размæ бацыд æмæ йæ иууылдæр куыд хъусой, афтæ хъæрæй загъта: — Нæ районы кусджытæ сæ хуыздæрау фесты, æппын иу лæппу не ’ссардтой æви? Чызг нæм цы ’рбарвыстой?! Иууылдæр ныххудтысты. Марине йæхи æппындæр ницыхуызон фээкодта, цыма дзы уый кой уæвгæ дæр нæ уыд, уыйау секретармæ бацыд æмæ протокол кæ- сынмæ райста; стæй уый фæстæ рафыссын кодта, цы йæ дзы хъуыд, уыдæттæ. Иууылдæр тыргъмæ рацыдысты. Мамило фев- нæлдта Маринейы дзаумæттæм, фæлæ йæ уый нæ ба- уагъта. Сæрдар фæдзырдта Давлурмæ. Марине лæууыд Мамилойы раз. Сæ алыварс адæм сусу-бусу кодтой. Фæсивæд уазæгчызгмæ цымыди- сæй кастысты, ацæргæ адæм та-иу цыдæр хинæйдзаг худт бакодтой. Адæм цæуыл хъуыды кодтой, уый Мамило хорз æмбæрста, æмæ " фыртыхстæй йæхицæн бынат нал ардта. Бынтон та йæ æдылы Лимошæ амардта. Йæ зылын цæстытæ хин æрттывд кæнгæйæ, уый дзырдта: — Дæ хъуыддаг цæуы, Мамило! Цыфæнды куы фæкæнай, уæддæр де ’стыр дурынæн йæ къæрмæг æп- паргæ æрцæудзæн! Чындзаг агуырдтай, æмæ ’ йæхи къахæй дæ хæдзармæ фæцæуы. Акæн æй Феонæмæ!.. Мамило рамæсты. йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди. 282
фæлæ йæхи баурæдта æмæ тагъдгомау «Победæйы» абадт. Марине йæ дзаумæттæ машинæйы куы бавæрд- та, уæд йæхæдæг дæр сбадт. Мамило чызгæй йæ удхæссæг рауыдта; æмæ йæ Марине дæр æнæ ’мбаргæ нæ уыд. «О, хуыцау, кæй ласын мæ хæдзармæ, — хъуыды кодта лæг, — хъал, къулбадæгахуыр горæтаг чызг... Ныры фæсивæды цы хъæуы, мæлхъау рарттив-барттив чи кæны, ахæмты уарзынц. Ай мын мæ фыртæн йæ сæр ма разилын кæ- на! Лæппуйы дардмæ цæуын миййаг куы нæ хъæу- дзæн — йæ тæккæ фарсмæ цæрдзæн, иу хæдзары ми- дæг... Цы ма кæндзынæн уæд?!» Мамило йæ къæхтыбынæй ныуулæфыд. Уый фæн- дыд йæ хæдзары хæрзæгьдау, æмбаргæ чындз фенын. Бирæ азты дæргъы цы исбон фембырд кодта, уый хъуамæ хæрзарæхст æфсины къухтæм бахауа. Рацæу- дзæни йын сывæллæттæ — уыдоны хъуамæ куыд æм- бæлы, афтæ схъомыл кæна, зона бацин кæнын хион- тыл, хæстæджытыл. Иуныхасæй, йæ чындз хъуамæ алцæмæй дæр Феонæйы хуызæн æххæст уа. Ныр дыу- уиссæдз азы дæргъы Феонæ, мадæл цæргæсау, зилæн- тæ кæны, хæдзар йе ’ккой ис. Ай та цавæр у, ацы Санеблидзе, хуыцау йæ зонæг? Афтæ хъуыдытæ кæнгæйæ сæхимæ куыд æрбахæц- цæ сты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Р1æ фыртБе- до, йæ хуыздæр хæлар Солæманимæ лæууыд бал- къоныл. Лæппутæ цырд рауадысты, машинæйы дуар фе- гом кодтой, февнæлдтой чызджы дзаумæттæм æмæ сæ мидæмæ бадавтой. «Адон зонгæ куы сты, зонгæ...» Æмæ йæ кæннод цы тагъд баскъæфтой хæдзармæ. Фырт фыды нæ бафарста, афтæмæй йæ кæройнаг уаты смидæг кодта, ам, дам, дын æнцондæр улæфæн уы- дзæн. Йæ уатмæ ма йын тъахтин дæр бадавта, æвдæ- лон сахат-иу ыл йæ фæллад куыд ауадза, афтæ. Фæ- лæ вæронд Мамило афтæ æнцон асайæн нæу, ма тæрс. Иæ фыдимæ зæхбын хæдзары куы цард, уæддæр уæл- дæф хъуаг никуы баййæфта. Цы, цы, фæлæ сын сæ уæлдæфæй хъаст ничи ракæндзæн. Стæй нын цы у ацы Санеблидзе, цы йæ систой, куадзæны айкау? Нæ, мæ 283
хуры чысылтæ, ацы хæдзары хицæуттæ нырма æз æмæ Феонæ стæм, æмæ сымах фæнд нæ, фæлæ мах фæнд хъуамæ уа! — йæхинымæры загъд кодта Мами- ло лæппутимæ. — Алчидæр хъуамæ йæ бынат зона. Сымах цы зæгъут, уый дзы нæ уыдзæн. Марине хъуа- мæ Феонæйы фарсмæ цæра, нæ фыдæлтæй дæр афтæ баззад... Бедо æмæ Солæман сæ мидбылты бахудынц, сæ кæрæдзимæ сæ цæстытæ æрныкъулынц, зæронды мæс- тæй марынц. Чызг дæр сын цыма сæ хъуыдытæ æм- бары. Тагъдгомау сын аппæлыд, йемæ шахмæттæкæй æрбаласта, стæй йын а дыууæ боны сæхицæй радио- приемник дæр кæй æрбарвитдзысты. Фæстагмæ ма загъта: — Кæройнаг уат хуыздæр у, науæд зæрæдты нæ хъæрæй тыхсын кæндзыстæм... Æмæ сыл кæннод цы худы Мамило? Цæуылнæ хъуамæцин кæной кæрæдзиуыл? Мамило цæуыл мæт кæны, уыимæ сæ цы кæсы. Ацы агрономæй гомареу- лæгтæн ницы пайда ис, бьтдыры æмæ сæнæфсирдæтты куыстмæ нæ сарæхсдзæн, уæдæ хæдзары та загъды хос йедтæмæ ницы уыдзæн. Нæ фæлæ тагъддæр куы рабæрæг уаид йе ’нарæхстдзинад, уæд æй йæ куыстæй атæриккой, æмæ кæцæй æрцыд, фæстæмæ уырдæм фæцæуид. Ацы аз дыууæ зоотехничы куы систой, уæд ай уыдонæй цæмæй хуыздæр уыдзæн. Кæд дзы баз- зайа æртæ къуырийы, фылдæр-фылдæр — мæй. Ницы кæны, уыйас бафæраздзæн Мамило. Æрмæст Бедои- мæ кæрæдзийы цæмæй арæх ма уыной, ууыл бацар- хайын хъæуы. Æмæ уый та Феонæйы бар фæуæд— мад фыртмæ йæ цæст хуыздæр фæдардзæн. Нæ ныууагъта Мамило, цалынмæ Маринейы Фео- нæйы уаты фарсмæ æрцæрын кодта, уæдмæ. — Сæр дæ бахъуыди, не ’фсин. Хъазын хъазын у, фæлæ сæры цæф хъазын нæу! Дзæбæх сæм кæс, æп- пындæр сæ рохуаты ма уадз, — бафæдзæхста йæ би- нойнагæн æмæ йæ куыстмæ ацыди. Сæнæфсир ныр дыккаг къуыри æфснаинаг у. Кол- хозонтæ сæхи цæттæ кæнынц йæ тонынмæ. Бирæ куыст ис абон бригадирæн, ноджы фылдæр куыст та йын фæстæдæр уыдзæн. Æмæ куыннæ! Колхоз ма йæ сæнæфсирдæттыл фынддæс гектары бафтауын фæнд 284
скодта æмæ та уыдон дæр Мамилойы æккой бавæрд- той. Куыддæр, дам, сæнæфсир тынд фæуа, афтæ ног сæнæфсирдæттæн зæххытæ агурын байдай. Æмæ йын цы æххуысгæнæг ссардтой, уый та? Æнæ агроном, дам, иу къахдзæф дæр ма кæн, афтæмæй лæппутæм йæ цæстытæ дзагъултæ кæнын йедтæмæ ницы зоны. Мамило куыстмæ куы ацыд, уæд Феонæ чызгæн хуыссæнтæ рахаста. Марине уат афснайдта, сынтæг адзæбæхтæ кодта æмæ хъæццулы цъар кæныныл фæци. Чызджы хæрзарæхстдзинадмæ ус кæсгæйæ баззад, бæрæг уыд, йе ’ххуыс хъуаг кæй нæ уыдзæн, уый. Феонæ аходæн æвæрын райдыдта: стъолыл ай- тыдта урс-урсид æмбæрзæн, рахаста хъарм дзул, хъæ- бæр цыхт, пъамидортæ, галы фыд, скъовæрæдайы фых карчы цъиутæ, кварелагурс сæныдурыи æмæ рахуыд- та бинонты фынгмæ. Лæппутæм бирæ хатын нæ бахъуыд — уайтагъд- дæр фынджы уæлхъус абадтысты æмæ райхъуыст се ’рыгон æнæмæт худт. Марине æнæбары хæрд кодта. Феонæ иу сæны агуывзæ анызта, дзулы къæбæр ра- саста, фæлæ хæринаг йæ хъуыры нæ цыд. Уый разы уыд йæ лæджы ныхасыл: æцæгæй дæр ацы Марине хорз уазæг нæу. Цы нæ вæййы, сæ фырт .— æрыгон, ахуыргонд лæппу, хорз бынаты кусы... Фæлæ иннæр- дыгæй та а чызг хуийынмæ куыд арæхсы, хæдзары куыстытæ куыд кæны, уый куы федта, уæд дызæрдыг кæнын райдыдта. Уалынмæ фæзындис Мамило дæр. Хæдзары раз цы суадон кæлы, уымæй йæхи ахсадта æмæ мидæмæ бацыд. Стъолы раз æрбадт æмæ Маринейы раз ца- вæрдæр гæххæтт æрæвæрдта. Чызг гæххæтт бакаст æмæ фидарæй загъта: — Нæ, уый нæ уыдзæн, зæххы хай мах равзар- дзыстæм иумæ. — Кæимæ ома? — Давидимæ, демæ! — Æвзаринагæй дзы ницы ис, зæххы хай бæрæг- гонд у. — Уый тыххæй нырма правленийы аныхас кæн- дзыстæм. Ивинаг куы разына, уæд æй ивгæ дæр ба- кæндзыстæм. 285
Мамило йыл тынг фæдис кодта. Вилкæ æд дзидза йæ дзыхмæ куыд сцæйхаста, афтæмæй баззад. II' Райсомырдæм Мамило райхъал кæйдæр сонт хос- тæй. Мæстыйæ фестад йæ хуыссæнæй æмæ балкъон- мæ рауад. — Чи дæ? Цы æрцыдис? Хуыссын дæр-мæ нал уа- дзут æви? — ныккалдта Мамило æрбацæуæгыл, кæд æй уынгæ нæ кодта, уæддæр. — Уый æз дæн, агроном! — дзуапп радта Марине. — А-а-а... агроном! — бахъуыр-хъуыр кодта бри- гадир. Мæйы мынæг рухсмæ Мамило ауыдта чызджы, уымæн йæ къухы уыдис ставдгомау къуызырджын лæдзæг. — Сæумæдæвдæгæй кæдæм фестадтæ? — дисгæн- гæйæ бафарста Мамило. — Æмæ исты раджы у, — бахудтис чызг. — Цом æмæ сæнæфсирдоны зæхх фенæм, стæй дзы уæд уый фæстæ кусын дæр райдайдзыстæм. — Уыдæттæн боныгон дæр бæргæ уыдис ба- кæнæн,—мæстыхуызæй сдзырдта Мамило, æмæ йæхи ивазгæ кæртмæ æрхызт. Бригадир дысон бафæллад æмæ йе уæнгтæ куыд- да^р уæззау уыдысты. Ноджы дзы уæлдай анызта æмæ йæ сæр зилæгау кодта. — Æз гыццылæй нырмæ дæр раджы стаг дæн — мæ фыдымад мæ сахуыр кодта: райсомæй-иу уроктæ зæрдыл хуыздæр лæууыдысты. Æмæ мын кæд уыцы ахуыр ам дæр феххуыс уаид, — загъта чызг. — Рухсаг уæд, хорз дæ сахуыр кодта! — бахудти Мамило. Фæлæ чызг æцæг афтæ ахуыр уыд æви ба- рæй дзырдта, уый дзæбæх нæ бамбæрста. «Афтæ, аф- тæ, мæ хæдзар, æз мæхæдæг дæр раджы стаг дæн»,— ахъуыды кодта бригадир. Мамило суадоны донæй йæхи ахсадта, уатмæ æр- баздæхти æмæ дзы иу арахъхъ анызта, кæд чысыл фæрæвдздæр уаин, зæгъгæ. Чызгæн та йемæ иу кар- чы æрдæг æмæ дзул райста. Сæумæрайсом ма уы- 286
мæй хуыздæр цы ахордæуа! Тыргъыл куы рацæйцыд, уæд дыууæхстон йемæ айста. — Кæдæм рабæлццон дæ афтæ раджы? — рахъæр кодта йæ лæгмæ Феонæ. — Хæрзбон, не ’фсин. Мæнæ мæ нæ ног уазæг фескъæфы! Цы гæнæн ис?! Райхъуыст Феонæйы худын. Иу дæс æмæ ссæдз азы размæ йын йæ лæгмæ иу Маринейы хуызæн кæс- гæ дæр куы фæкодтаид, уæд ыл Дуруджийы æрра донау йæхи кыццавтаид, йæ цард ын сынад кодтаид. Фæлæ ныр Феонæ афтæ нал у. Тæккæ знон дæр ма тæрсгæ кæмæй кодта, уыцы-чызг хæрзарæхст куы ра- зынд хуийынмæ дæр æмæ æфснайынмæ дæр, стæй ма йæм æхсæвæр кæнынмæ дæр куы фæкаст, уæд æй йæ- хæдæг дæр нæ бамбæрста, йæ зæрдæмæ куыд бацыд, куыд æй бауарзта, уый. Гъе, ахæм къай фенын æй фæндыд йæ уарзон хъæбулæн. Æрмæст ма Мамило цæхгæр куы нæ ныллæууид, уæд хъуыддæгтæ бæргæ хорз ацæуиккой. Арвыл хъазыд хурзæрин. Марине æмæ Мамило хъæугæронмæ рахæццæ сты. — Топп та дæ цæмæн хъæуы? — афарста Марине нæ фысымы. — Æмæ сихорыл маргъы фыдæй нæ гуыбынтæ фæрисдзысты?— хъазгæйæ загъта Мамило, æмæ йе- мæ цы хæринæгтæ рахаста, уыдон Маринейы раз æрæвæрдта. Чызг хордта зæрдиагæй: знон тынг ба- фæллади, стæй мæстыгомау дæр уыд æмæ йæм изæ- рæй хæрын нæ цыдис. Хæрд куы фесты, уæд Марине Мамилойæн раар- фæ кодта æмæ загъта: — Цалынмæ нæма стæвд, уæдмæ фенæм уыцы зæхх, сæрдары дæр ма къанторы куыд баййафæм, афтæ. — Раст зæгъыс, — бригадиры зæрдæмæ фæцыд чызджы хъуыды. Афтæмæй, куы схуыст ныхас кæнгæйæ, куы хæла- рæй дзургæйæ ахызтысты хъæуæй æмæ дзедырджы- ны рæзты баздæхтысты къутæрмæ. Бригадир топп йе уæхскæй æриста æмæ йæ сифтыгъта. — Ам саугарк тынг арæх у. Уалдзæджы цы лæп- 287
пынтæ рауагътой, уыдон дæр райрæзтысты, фæлæ сæ марын нæ уадзынц, — загъта Мамило. Марине бамбæрста: æрдæбон йæ хъустыл цы уы- нæр ауад, уый саугæрчыты хъæр уыд. Мамило цыди разæй. Æрмæст иунæг хатт фæкаст чызгмæ фæстæмæ. Маринейыл уыдис урс кофтæ æмæ урс кæттаг юбкæ, йæ къæхтыл та цъындатæ æмæ фидар хуыд дзабыртæ. йæ фарсыл цыргъ кард, бæ- лæстæ æхсæдæн хæрынкъа æмæ хæсгард ауыгъд. Маринейæн йæ дзыккутæ уыдысты фæстæмæ лæгъз фаст; йæ фæныкхуыз худыл æрттывдтытæ калдта, бригадир кæй никуы федта, ахæм æнахуыр значок. Æвиппайды райхъуыст цавæрдæр сонт хъæртæ. Марине хæрдмæ фæхауд, фæлæ уайтагъд фембæрста, уый мæргъты хъæр кæй уыд. Мæргътæ æнæхъæн ба- лæй къудзитæй стахтысты, сæууон хуры тынтæм цæ- хæртау ферттывтой æмæ скæсæнырдæм атахтысты. Уыдон уыдысты саугæрчытæ. Марине сæ базыдта. Дзедыры къудзиты æхсæн бæрæг дардтой сæ бæгъ- дулæджы бынæттæ, сæ бумбулитæ æмæ систæ базза- дысты фæлмæн зæххыл. Марине æргуыбыр кодта рæсугъд сисмæ, фæлæ йæ сисын йæ къухы нал баф- тыд, чидæр ын йæ худ аскъæфта æмæ йын йæ цæс- гомыл ралæууыд; чызг йæхи фæстæмæ акодта æмæ уæлæмæ скаст, чи мæ нæмы, зæгъгæ, фæлæ йæ худ ауыдта зад гранат бæласы хихты æхсæн. Марине худмæ куыд февнæлдта, афтæ сагъдауæй баззад: бæрзонд хæмпæлгæрдæджы æхсæнæй æ’рт- тывтюй сызгъæринхуыз сæнæфсиры рæгъæд пуцæлт- тæ. Марине сæнæфсиры таламæ йæ къух бадаргъ кодта, дзуццæджы æрбадт æмæ ризгæ хъæлæсæй бригадирмæ адзырдта. — Мамило! Мамило йæ размæ æрбауад, уымæй афтæ æмæ чызг исты кодта. Фæлæ Марине йæ мидбылты худ- гæйæ хордта сæнæфсир. — Кæс-ма ардæм, кæс! Уынгæ ма дзы фæкæ! — Æмæ цы? Уый мæнмæ ницы диссаг кæсы. Кæд дæ фæнды, уæд дын æй æз радзурдзынæн, уыцы сæнæфсир уым куыдæй æрзад, уый. — Нæ хъæуы, æз дын æй мæхæдæг радзурдзы- 288
нæн, — загъта чызг, чысыл фалдæр ацыд æмæ та дык- каг пуцал дæр ратыдта. — Æмæ йæ ды та кæцæй зоныс? — Уæдæ ма байхъус. Раст мæнæ гъе ацы ран, хæмпæл æмæ къудзитæ педтæмæ кæм пицы ис, уым кæддæр Гомареулийæн уыдис диссаджы сæнæфсир- дæттæ, сæ алыварс та замманайы дыргъдæттæ... — Уыдис дзы, уыдис кæддæр, — сразы брига- дир. — Фæлæ ма раст зæгъ, искуы ма уыдтæ Гома- реулийы? — Мæ фыдыстæн, фыццаг хатт дзы дæн. — Кæцæй сæ зоныс уæдæ, æви халонау дс уæны кæсыс? — Уыдæттæ ма уадз, Мамило, фæлæ зæгъ, бирæ ма ис Гомареулийы, фыццаг сæнæфсирдæттæ кæм уы- днс, ахæм зæххытæ. — Нымæц дæр сын нæй. Сывæллæттæ дзы сæ- нæфоир чыргъæдтæй фæхæссынц. — Мæнæ ардыгæй дæр фæхæссынц? — Уæдæ. — Æмæ уæд сымах та кæм Ънысан кодтат сæнæф- сирдæтты зæххытæ? — Уартæ уым, — зæронд лæг æбæрæг кæдæмдæр ацамыдта йæ къухæй. Хардзау æм æркаст, уыцы хъуыддаг раздæр йæ- хæдæг кæй не ’рхъуыды кодта, уый. Æцæгдæр зæронд сæнæфсирдæттæй спайда кæнæн уыдис. «Худинаг, худинаг, Мамило! — йæхимæ хæцыд зæронд лæг. — Зноны сывæллон кæй æрхъуыды кодта, уый дæ зæ- ронд сæр не ’рцахста». — Цом-ма, азилæм сыл, — загъта Марине. Уып хорз æмбæрста зæронд бригадиры зæрдæйыуаг! — Абонæн уал æгъгъæд фæуæд, скæс-ма, хур кæй онг схæццæ ис, уымæ! Марине йæ худ ныккодта, пыхсытæ йын йæ цæсты- тæ куыннæ ныттоной, афтæ сын йæ къухæй аууон акодта æмæ пыхсджынæй æддæмæ цæуын байдыдта. Мамило цыд йæ фæстæ. Уалынмæ чызджы русыл туг æрсаха кодта, — сындз ын йæ къæмисæн атыдта. Марине цыдга ницы æрцыд, уыйау асæрфта йæ рус. Мамило фæдис кодта йæ фæразондзинадыл. 19 Райдзаст Гуырдзыстон 239
Иуцасдæр ма куы ауадысты, уæд кæсынц æмæ зæххы иу стыр цъæх дурын йæ хъуырмæ ныгæд. — Фыццаг заманы-иу, æвæццæгæн, ам цъæххос уагътой, — загъта Марине. Бригадир, афтæ уыдаид, зæгъгæ, йæ сæр батылдта æмæ Маринейы бакодта тулдз бæласы бынмæ. — Мæнæ дын уый та суадон. Чызг æхсызгон хъыллист ныккодта: гыццыл фал- дæр, бæлæсты æдде, иучысыл лæнчы ауыдта цæс-^ тысыджы хуызæн сыгъдæг дон. Цыма стыр аджы фы- цы, уыйау пæлхъ-пæлхъ кодта æмæ хæрдмæ хауд. Марине суадоны был сæнæфсиры лыстæг тала йæ рæ- бынæй расаста, йæ сыджыт ын æрцагъта, стæй йæхи ахсадта æмæ донæй мондаг нозт акодта. — Куыд хуины ацы суадон? — Зæрæдтæ йæ Фыцгæ суадон хонынц, фæсивæд та йыл Саугарчы суадон сæвæрдтой, — загъта Ма- ’мило æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Цæй, мæ хур, пыр мауал бадæм, цом уыцы зæххытæ бабæрæг кæ- нæм, кæд ма нæ къухы бафтид... — Нæ, Мамило, фæлтау ды хъæумæ ацу æмæ сæрдары ардæм æрбакæн. Миййаг æндæр ранмæ куы ацæуон, уæд арт скæндзынæн æмæ мæ-иу фæздæгмæ гæсгæ ссарут. Мамило йæ къæхтыбынæн ’ ныуулæфыд, ницыуал сдзырдта, йæ куырæты фæдджитæ сфæлдæхта æмæ пыхс-пыхс араст и. Марине æркаст йæ сахатмæ; уыдис фæссихор иу сахат. Сфæнд кодта суадоны алыварс æрзилын. Кæд бæзджын пыхсы акъахдзæф кæнæн нæ уыд, уæддæр чызг размæ цыд. Бахæццæ ис иу хæлд хæдзармæ æмæ сæны уæрммæ. Марине лæмбынæг касти хæдза- ры хæлддзæгтæм. Мæнæ пец, зынынц йæ сæгæйдзаг фæздæгцæуæнтæ. Хæдзаргæнæг пецы къулыл сныв кодта сæнæфсиры пуцæлттæ, фæткъуытæ æмæ дзул. Марине раздæхт суадоны размæ, рамбырд кодта хус къæцæлтæ æмæ арт бандзæрста. Иуцасдæр рацыд, афтæ суадоны размæ æрбахæц- цæ сты дыууæ барæджы, колхозы сæрдар æмæ бри- гадир. Семæ ма ракодтой иу бæх, æвæццæгæн, чыз- гæн. 290
—’ Куыд дæм фæкасти ног зæхх? — афарста сæрдар. Æмæ дзы куы нæма уыдыстæм, — загъта Марнне. Сæрдар йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ чызг- мæ тызмæгхуызæй бакаст. Фæлæ уыцы цæстæн- гас нæ фæтыхсын кодта æрыгон агрономы. Марине йæ дзыппæй систа колхозы правленийы уынаффæйæ кæй рафыста, уыцы гæххæтт æмæ йæ балæвæрдта Храмелашвилимæ. — Цы дзы кæнын уымæй та? — Цы куы зæгъай, — сабырæй загъта Марине,— уæд мæнмæ ахæм уынаффæ ис, æмæ сæнæфсирдæт- тæ фыццаг кæм уыдысты, уым сæ скæнын хъæуы ныр дæр. Уыцы куыст нын фæззæгмæ фæуаид. — Æппындæр уын ницыуал æмбарын, — мæсты кæнын райдыдта сæрдар. — Æз уын бынтон æндæр хъуыддаг куы бакодтон уæ бар. Дзуапп раттыны бæсты Марине æргуыбыр кодта сæнæфсиры сырхбын сыфтæртæм, иуварс сæ акодта æмæ пуцæлттæм ацамыдта. — Æмæ уымæй цы зæгъыпмæ хъавыс?—бафарс- та сæрдар. — Ацы ран уыдзысты ног сæнæфсирдæттæ. — Æмæ æз куы нæ сразы уон, уæд та? — Уæд æз хъуыддаг афтæ æмбардзынæн, æмæ ног сæнæфсирдæттæ саразыиыл зæрдиагæй нæ ар- хайут. — Дæхимæ æгæр бирæ исыс, чызг. Правлени де- мæ не ’сразы уыдзæн. — Æмæ цæуылнæ хъуамæ сразы уа правлени йе- мæ?—йæ ныхас баппæрста Мамило. — Правленийы æз дæр уыдзынæн, мæ ныхас æз дæр зæгъдзынæн. — Æмæ нымайын байдыдта, раздæр уал кæмыты сиог кæнын хъæуы зæронд сæнæфсирдæттæ, уый. Ноджы ма сын сусæг хабар дæр радзырдта, зæгъгæ, зæронд Гулбат рагæй дæр уыцы зæххыты сæнæфсирæй дис- саджы сæн кæны. — Æмæ, мæ фыдыстæн, ахæм сæн &гас зылды дæр не ’ссардзыстут. Раст дзуры нæ ног агроном, тынг раст, — зæрдиагæй загъта Ма- мило. 291
— Уæдæ хорз! Æз дæр разы дæн, — иучысыл ахъуыдыйы фæстæ, загъта сæрдар. — Фæлæ уын æр« мæст иу хъуыддаг зæгъын: раздæр цы зæхх снысан кодтам, уым дæр сæнæфсирдон скæнын хъæуы. Нæ талатæ цæттæ куы сты. Науæд идæдз усæн йæ зæрды мой кæиын æрæфтыд æмæ уый тыххæй хъуамæ чыз- джытæ та зæронд кæной, — ныххудти сæрдар. — Райсом раджы уыцы зæххытæ уынынмæ дæр цæуын! — дзырд радта Марине. Бауынаффæ кодтой кустытæм тæккæ райсом бав- налын. Аныгуылдысты хуры фæстаг тынтæ. Уалынмæ ар- выл æрттивын райдыдтой иугай-дыгай стъалытæ, хъæуы ссыгъдысты электрон цырæгътæ. Марине æмæ Мамило Феонæйы баййæфтой хæрн- наг кæнгæ. Бедо йæ фыды куы ауыдта, уæд фæхъæр кодта: — Хуыцауы тыххæй, абондæргъы кæм уыдтæ? Маринейы дæр ма демæ ракæ-бакæ кæныс! Сыдæй нæ мæлы ныр?.. — Хæрыныл нæ уыдыстæм, мæ хур, хæрыиыл, — хъæлдзæгæй загъта Мамило æмæ æваст бакасти Со- лæманмæ. Цæмæндæр йæ зæрдæ æнахуыр рыст скод- та. Мамило кæд цыфæнды кæрдзындæттон лæг уыди, уæддæр æй ныртæккæ фæндыд, йæ фырты хуыздæр æмбал Солæман тагъддæр куы ацыдаид, уый. Адæ- мæй йæм худинаг куы нæ кæсид, уæд ын йæ бæрзæ- йыл фæхæцид æмæ йæ дуары æдде фæкæнид. Фер- вæзид, йæ фырты амондæн тас кæмæй у, уыцы адæй- магæй... Уалынджы уатмæ æрбахызт Марине дæр, знонау- хæрзконд æмæ аивæй. Йæ цæсгомы цъæррæмыхст йо- дæй айсæрста. Мамило дисæй амард—уыцы стъæлф æй кодта ноджы хæрзуынддæр. Марине лæппутæн рахаста, Фыцгæ суадоны раз цы сæнæфсиртæ æртыдта, уыдонæй. Тæбæгъ цæмæн- дæр æрæвæрдта Солæманы раз. Хъыг фæкаст уый зæронд лæгмæ. Сдзурынмæ сæм хъавыд, фæлæ йæхи- уыл ныххæцыд, уæлдай ныхас ын куы рауайа, уымæй тæрсгæйæ. Æрæвæрдтой æхсæвæр. Тыхстзæрдæйæ æрбадт 292
Мамило стъолы фарсмæ. Байдзаг кодтой агуыв- зæтæ. — Мæхи чызджыйас дæ бауарзтон, мæ хур, æмæ дæ амонд бирæ уæд, дæ цард дæхи фæндиаг æмæмæ фæндиаг ацæуæд, — загъта Мамило Маринейæн æмæ нуазæн йæ фыртмæ балæвæрдта, ома уыцы сид- ты тыххæй исты зæгьа, стæй ма йыл ахсджиаг ны- хæстæ бафтауа... Бедо æмæ Солæман ныххудтысты. Марине фæ- сырх. Ацы хатт фæсивæд хорз æмбæрстой Мамило æмæ Феонæ цæуыл хъуыды кæнынц, стæй сæ зæрды цы фæнд ис, уый. Гыццыл раздæр фехъуыстой дыу- уæ зæронды сусæг ныхас: «Байхъус-ма, Феонæ! Мæимæ гæсгæ, нæ лæппуйы амондæн фæзындис ацы чызг». «Æз дæр ма ууыл хъуыды кæнын. Æмæ дæм куыд кæсы?» «Чызг нæ, фæлæ хъуаз, кусынмæ — цæхæр!» «Ехх, ныр уыдонæн иу сывæллон, æмæ уый дæ хъæбысы арæвдау!.. Гъеуый ямонд уавд, гъе!» — загъта Феоиæ æмæ йæ къæхтыбынæй ныуулæфыд.
Зедгинидзе Елизбар ЗÆРДЫЛДАРИНАГ СÆРД Мæ райгуырæн хъæу ис хæхбæсты. Хæхбæсты ис бирæ кæмттæ, къæдзæхтæ, дæттæ æмæ суадæттæ. Хурыскæсæнырдыгæй хъæуыл æртыхстысты Триале- ты хæхтæ, хурныгуылæнырдыгæй та Аджары хæхтæ. Уыдоны фæотæ дæр ма бирæ хæхтæ ис. Фæлæ дзы мæнæн мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуынц На- къаребы, Нашавардневы, Тъаплианы, се ’ппæтæй тынгдæр та Ирмистъавы хох. Хуры тынтæ фыццаджыдæр сæмбæлынц Ирмис- тъавы хохыл. Æз гыццылæй нырмæ сахуыр дæн ра- джы стыныл æмæ бон куыд райдайы, уымæкæсы- ныл. Сæрдыгон арвыл къæм дæр куы нæ вæййы, уæд хур йæ судзгæ тынтæ байзæрды дыргъдæттыл, цæ- хæрадæттыл, сæнæфсиры хуымтыл, хъæдтыл. \~/Ныртæккæ у сæумæрайсом. Æз кæсын Ирмистъав- мæ. Фæлæ абон хуры скастыл нæ дис кæнын. Рай- сом раджы нæ фермæ уырдæм ивы. Æмæ æз дæр цæуын Ирмистъавмæ мæ аст хъугимæ. Мæ хъуццы- ты бирæ уарзын, тынг зондджын сты. , Хъомдонмæ сæм куы бацæуын, уæд мæм сæ сæртæ разилынц æма* мæм «æнхъæлмæ кæсын байдайынц, кæд сын исты æрбахастон, зæгъгæ. Фæстæмæ куы рацæуын, уæд та мæ фæдыл æнкъардæй кæсгæйæ "баззайынц. Æз би- рæ уарзын мæ хъуццыты, — Сатъутайы, Наргизы, Тъаплайы, Маквалайы, се ’ппæтæй фылдæр та мæхи Махинджайы1. 1 М а х н н д ж а — фыдынд. 294
Махинджа райгуырд здыхт къæхтимæ. Æгæр-мæ- гуыр йæ къæхтыл слæууын дæр йæ бон нæ уыд. Аф- тæмæй скъæты раз-хурмæ цалдæр боны фæхуыссыд. _ р0д нæ, фæлæ цыдæр хæдмæл! — мæстыйæ ба- фиппайдта нæ фермæйы хицау Шалва æмæ ма йæ ны- хасмæ бафтыдта: — Нæ фервæздзæни! Стæй канд Шалва куы загътаид, фæлæ йыл се ’ппæт дæр сæ къухтæ ауыгътой, мæгуырæг. Æмæ æцæгæй, тынг лæмæгъ уыдис, æрдæгмарды хуызæн. Æрмæстдæр-иу искуы-иу хатт йæ сæрыл схæцыд, æн- къард цæстытæй-иу иу ранмæ ныккаст, цыма исты агуырдта, уый хуызæн, стæй та-иу æй фæстæмæ æр- уагъта. Æз æм зæрдиагæй бæргæ зылдтæн, дардтон ын æхсыр, фæлæ уæддæр йæ сæрæн нæ кодта. Шалва мæм мæсты кæнын байдыдта: — Саломе, — загъта иу бон уый, — цæуылнæ ныууадзыс уыцы хæдмæлы? Фæлтау дæ хъуццытæм хуыздæр зил æмæ фылдæр æхсыр дæттой, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн! Шалва тынг гуырымыхъхъ у адæмимæ дзургæйæ. Фондз æмæ йыл ссæдз азы дæр нæма цæуы, афтæмæй ахæм æнæхатыр æмæ карз ныхасгæнаг у æмæ дис- саг! Гъер, зæгъæм, мæнæ мæн райсæм: мæ зæрдæмæ æвзæрæй ницы хæссын, афтæмæй мæм æртхъирæн кæны, дæ хъуыддаг, дам, хорз нæ уыдзæн. Æз æм фæстæмæ ницы сдзырдтон, кæд мын тынг хъыг уыди, уæддæр. Р1æ разы лæууыдхæн æнæдзур- гæйæ, мæ сæр дæлæмæ æруагътон. Уымæй афтæ æмæ мæхи рæстытæ кæнын байдайдзынæн. Фæлæ йæм куы ницы сдзырдтон, уæд тынгдæр смæсты. — Ноджыдæр ма дын æй зæгъын,- дзæбæхдæр зил дæ хъуццытæм, науæд æз уыцы хæдмæлæн цы хъæуы, уый бакæндзынæн. — Ма йæм бавнал, — лæгъстæ кодтон æз. — Кæд не ’сдзæбæх уа, уæд фæлтау йæхи адзалæй амæлæд. — Уæд та йæ дохтырæн фенын кæн, бафæрс æй, цы йыц кæнын хъæуы, уътмæй. Кæд сдзæбæх уыдзæн, уæд æм куыд æмбæлы, афтæ фæкæсут, — фæлмæн- дæр хъæлæсыуагæн загъта Шалва æмæ ацыд. 295
Æз мæхи дохтырмæ цæуынмæ куыд цæттæ код- тон, афтæ дохтыр йæхæдæг æрбацыд. Шалва йæ æр- барвыста. Дыууæ къуырийы фæстæ роды къæхтæ сраст сты æмæ сыл лæууын байдыдта. Райдианы сыл, кæй зæгъын æй хъæуы, дзæбæх нæ лæууыд, иу-цалдæр хатты хаугæ дæр акодта, фæлæ уый фæстæ фæрæвдз, суанг ма сыл цæуын дæр райдыдта. Род рæзти, бо- нæй-бон дзæбæхдæр кодта. Æппынфæстаг ссис, æнæ- хъæн хъæубæстæ сæ цæстытæ кæуыл æрæвæрдтой, ахæм рæсугъд хъуг. Æрмæст ыл баззад йæ фыцца- джы æвзæр ном — Махинджа. Æз сæрыстыр дæн мæхицæй. Мæ руаджы фер- вæзт Махинджа, æз æй схъомыл кодтон, æз æм зылд- тæн, æмæ йæ уый тыххæй уæлдай фылдæр уарзын. Хъомты донмæ куы фескъæрын, уæд Махинджа фæцæуы сæ разæй æмæ куы иуырдæм фæцæйздæхы, куы иннæрдæм. — Махинджа, Махинджа! — зæгъгæ, йæм куы фæдзурын, уæд мæ чи фехъусы, уыдонæй мын бирæ- тæ фæзæгъынц: — Цæмæн æй хоныс фыдынд, æгæр дзæбæх у? Фæлтау ыл æндæр исты ном сæвæр. Фæлæ ма йын ныр йæ ном цы ивон, кæд æмæ йын йæ зæронд номыл сахуыр стæм мах дæр æмæ хъуг йæхæдæг дæр, уæд! Ныртæккæ Махинджа суткæ æх- сыр æркæны æхсæрдæс литрьь иннæ хъуццытæ та дæсгай—дыууадæсгай литртæ. — Иннæ хъуццытæм Махинджайы хуызæн нæ зи- лыс, — бирæ хæттыты мын бауайдзæф кодта Шалва. Фæлæ уый раст нæу. Шалва мæм дзæгъæлы мæс- ты кæны. Цæмæн мæм афтæ ныккомкоммæ, уымæн æппындæр ницы æмбарын. йæ фыццаг бакастæй Шалва бирæты зæрдæмæ цæугæ дæр нæ фæкæндзæн. Йæ цæстытæ сатæг-сау, йæ сæрыхъуынтæ дæр сау, стæй къахæй къухмæ дæр афтæ, цыма йæ исчи сæджы сæвдылдта. йе ’рфгуы- тæ — фæтæн сау хаххы хуызæн. Искуы-иу хатт йедтæмæ худгæ дæр нæ бакæндзæп! Фæлæ уæддæр йæ бакасты цыдæр ис, зæрдæмæ цæу- гæ цыдæр. Уый æз, ныр ыл иу мæй цæудзæн, уæд ба- 296
V фипп^йдтон, суадоны раз ыл куы сæмбæлдтæн, уæд. Уыдис тæвд бон. Æз байдзаг кодтон мæ дурын æмæ цæуынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ, цыма, зæххы бы- нæй сгæпп кодта, уыйау мæ разы февзæрд. Фыццаг мæнмæ æрбакасти, стæй та дурынмæ æмæ сындæггай сдзырдта: ’— Дон мын нæ авæрдзынæ? Æз æм дурын балæвæрдтон æмæ æнæдзургæйæ *æнхъæлмæ -кæсын байдыдтон, мæ дурын мын фæстæ- мæ кæд ратдзæн, уымæ. Шалва нозта лæугæйæ, йæ фидар къæхтæ уæрæх æрæвæргæйæ. Нозт куы фæ- цис, уæд та мæм æрбакаст æмæ та сындæггай сдзырдта: — Бузныг, — æмæ мæм дурын æрбалæвæрдта. Уæлæмæ не скæсгæйæ æз райсынмæ хъавыдтæн дурын, фæлæ цыма уый Шалвамæ хъыг фæкаст, уый- ау афтæ зæгъы: — Адæймагмæ-иу дæ цæсты дзагæй уæддæр ра- кæс! Цавæр дæ, цавæр? Æз æм бакастæн. Æмæ гъеуæд раиртæстон, йæ цæсгомы, зæрдæмæ тынг арф чи хизы, ахæм цыдæр кæй ис. Уый се ’ппæт лæппутæм нæ вæййы. Чи зоны, æмæ уыцы зæрдæмæ арф хизгæ миниуæг вæййы æр- мæстдæр ахæм адæммæ, кæцытæ сæ цард æрвитынц æрдзы хъæбысы: хурмæ, дымгæмæ, къæвдаты. Шал- ва та йæ сывæллоны бонтæ фиййауæй арвыста. — Дæ дон мын кæй нæ бахæлæг- кодтай, уый хорз, — сдзырдта та Шалва æмæ дурынæн йæ дон акалдта, стæй йæ суадоны цыхцырæгмæ æрæвæрдта æмæ куы байдзаг ис, уæд мæм æй радта. Æз тагъд-тагьд фæраст дæн нæхимæ. Цыдтæн æмæ йæм фæстæмæ иунæг хатт дæр нæ фæкастæн, фæлæ æппынæдзух йæ хуыз уад мæ цæстытыл. Уыцы бон мæн бауырныдта, æрмæст рæсугъд цæсгом фаг кæй нæу фидауцæн. Æндæр цыдæр аив кæны адæй- маджы, æндæр цæмæйдæр бацæуы зæрдæмæ. Афтæ уæдæ, ’райсом мах цæуæм Ирмистъавмæ. Шалва сарæзта æмбырд. Рæсугъд æмæ бирæ дзу- рын нæ зоны, уымæ гæсгæ цыбырæй загьта афтæ: — Райсом цæуæм хæхтæм. Махæн нæ бæрны ба- кодтой ахсджиаг хъуыддаг. Хъуамæ цæстыгагуыйау 297
/ бахъахъхъæнæм фос æмæ .æхсыры æрдыгъд фæ/рыл- дæр кæнæм. Махыл ис хæс æвæрд, фæлæ хъуамæ ууыл ма ныллæууæм. Мах раттын хъæуы, цас гæнæн ис, уымæй фылдæр продукци. Æмæ уый нæхицæй аразгæ кæй у, уый рох кæнын нæ хъæуы. Бамбæрс- тат? Шалвамæ ахæм æгъдау ис: цыфæнды куы дзура, уæддæр хъуамæ йæ ныхасы кæрон «бамбæрстат?», зæгъгæ, бафтауа. — Бамбæрстам, — загъта хистæр хъугдуцæг Даро. — Цы йæ æмбарын хъæуы? Хæхты хъугæн хæринаг фылдæр ис æмæ кæнгæ дæр фылдæр æркæн- дзæн. Хорз сæм зил, уæд алы хъуг дæр йе ’хсыр цып- пар литрæй къаддæр нæ фæфылдæр кæнид. Дзуринаг чи уыдис, уыдон иууылдæр сæ ныхæс- тæ загътой. Æз ныхъхъус дæн. Цы зæгъон? Мæ Ма- хинджа кæнæ Сатъута, Наргиз æмæ Тъапла иннæ хъуццытæй фæстейы кæй нæ баззайдзысты, ууыл дзурон? Фæлæ.Шалвайæн йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, кæй ницы загътон, уый æмæ мын бауайдзæф, кодта: — Ды та, Саломе, цæуылнæ исты зæгъыс? Фæс- комцæдисон куы дæ! Радзур, куыд кусдзынæ, цы хорздзинад ракæндзынæ колхозæн... Бамбæрстай? Мæ цæсгом куыд сырх кæны, уый хатын. Ау, æм- бырд уымæн вæййы æмæ дзы алчидæр радзура? Мæнмæ гæсгæ, фæскомцæдисон хъуамæ æнæ дзырд ратгæйæ дæр хорз куса. Уæдæмæ мæм Шалва æв- зæр цæстæй кæсы, æндæр ницы. — Æмæ цы дзурон? — мæ маст æмбæхсгæйæ загътон æз. — Уæд та Тъасо радзурæд. Æмæ Тъасомæ куы бакаст, уæд мæм афтæ фæзынд, цыма йæ мидбылты бахудт. Хорз бафиппайдтон уый æз. Тъасо фестад, размæ рауад, се ’ппæтыл дæр сæ- рыстырæй йæ цæст ахаста æмæ хъæрæй загъта: — Æмбæлттæ, æз дзырд дæттын,* мæ хъуццытæм хорз кæй зилдзынæн. Алы хъугæй дæр æрдуцдзы- нæн фылдæр æхсыр, бацархайдзынæн пълан уæл- дайджынтæй сæххæст кæныныл æмæ колхозæн рат- дзынæн, гæнæн цас ис, уымæй фылдæр ’æхсыр. 298
Тъасо ма уыцы къаейныхæй иу хатт йæ цæст ма- хыл ахаста æмæ йæ бынатмæ ацыд. Стæй мын Шалва афтæ зæгъы: — Саломе, ды хъуамæ Тъасоимæ социалистон ерысы бацæуай. Кæй зæгъын æй хъæуьь уыимæ ерыс кæнын дын зын уыдзæн, фæлæ гæнæн нæй, бавзарын хъæуы. Нæ фæлæ Шалва афтæ тынг Тъасойыл йæ зæр- дæ цæмæн дары? Æвæццæгæн æй афтæ фæнды, цæ- мæй Тъасо фермæйы фыццаг бынат бацахса æмæ ахæм ныхæстæ- дæр уымæн кæны. Фæлæ фендзыс- тæм, кæддæра чи фæуæлахиз уыдзæн. Фæстагмæ мæхи нал баурæдтон æмæ сæрыстырæй загътон: — Сидын социалистон ерысы Тъасомæ. Уый фæстæ радзырдтон, цæуыл ерыс кæндзыстæм æмæ цавæр сгуыхтдзинæдтæ хъуамæ бафта нæ къу- хы, уыдоны тыххæй. Шалва йæ мидбылты худы. йæ цæсгом ныррухс. Æз æй не ’мбарын, цæуыл афтæ цин кæны, уьш. Æм-. бырды æз æнæ исты зæгъгæйæ куы фæбадтæн, тæр- гайæ... Иунæг адæймагмæ дæр куы нæ бакастæн. Æмбырды фæстæ мæ фæндаг акодтон фермæйыл, бакастæн (мæ хъуццытæм, стæй ацыдтæн нæхимæ. — Цы кодтай, мæ хур» дæ цæсгом куы ныссырх?— дисгæнгæйæ мæ афарста мæ мад. — Згъоргæ кодтон. — Цæмæн? — Куы йæ зоныс, райсом раджы хæхтæм цæуæм. Кæсын æмæ стъол алы хæринагæй йедзаг. .— Уазджытæ нæм уыдзæн? — Куы нæ, — загъта мæ мад, — дæу тыххæй сæ сцæттæ кодтон. Фæндараст зæгъын дын нæ хъæуы?.. Чысыл фæстæдæр æрбацыд мæ фыд. Кæд тынг фæллад уыди, уæддæр баулæфыны размæ бацыд йæхи сагъд сæнæфсир цæхæрадонмæ. Басгæрста алы къу- дзи дæр, бацин кодта сæнæфсиры пуцæлттыл. Ныр ма сæ гагатæ гыццылтæ уыдысты, цъæх фæрдгуыты хуызæттæ. Сæнæфсиртыл дон ауагъта æмæ уый фæс- тæ æрбацыд мидæмæ. — Ацы аз нæ сæнæфсиртæ ратдзысты фыццаг 299
1 ыллæг, уыдзæн нæм нæхи конд сæн, — загъта сæрыс- тырæй мæ фыд æмæ стъолы фарюмæ æрбадт. Ныхас кодтам фермæйыл, нæ райсомы балцы тыххæй. — Фермæйы ног хицауæвзæр лæппу нæ разынд,— загъта мæ фыд Шалвайæ. — Дзæбæх бавнæлдта йæ куыстмæ. Хъуццытæ хъуццыты хуызæн сысты, стæй колхозы дæр æхсыр фæзынд... Æз дисы бацыдтæн. Цæмæн æппæлы мæ фыд, мæнмæ æвзæр цæстæй чи кæсы æмæ мæн бафхæры- ныл чи архайы, уыцы адæймагæй? — Ды дæр, мæ чызг, хуыздæр кус, — кодта йæ ныхас дарддæр мæ фыд, — йæ коммæ кæс, хивæнд сæгъау дæхи фæнд ма тæр. — Æз мæ куыст кæнын, — цæмæндæр æрбамæсты дæн æз. — Æвзæр кусыс, зæгъгæ, мын ничи бауай- дзæф кæндзæн... иннæты хъуыддаг мæн нæй... Фыд мæм джихæй баззад: . — Ау, куыд дæ нæй иннæты хъуыддаг? — загъта баба æмæ йæ дзыхмæ цы дзидзайы комдзаг фæцæй- хаста, уый фæстæмæ тæбæгъы æрæвæрдта. Фæкастис мæм иуцасдæр æнæмбаргæ цæстæнга- сæй, стæй мын уæд загъта. — Гъеныр, Саломе, ды нæ колхозы уæнг дæ, йæ исбонæй дæуæн дæр хай ис. Æмæ, зæгъæм, æндæр бригады фос æвзæр зылдæй сæфтмæ куы цæуой, уæд сыл дæ зæрдæ нæ рисдзæн? Æви афтæ æнхъæлыс æмæ уыдæттæ иууылдæр æрмæст фермæйы хицау æмæ колхозы сæрдары хъуыддаг сты? Нæ, мæ чызг, ахæм цæстæй кæсын хорз нæу, уый дын мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мæхимæ дæр хорз нал кастысты мæ ныхæстæ. Баба колхозы дыргъдоны кусы. Звеневод у, стæй колхозы правленийы уæнг. Æнувыд кусæг у, колхозы пайдайæн йæ уд дæр нæ бавгъау кæндзæн. Иу æмбыр- дæй дæр йæхи иуварс никуы аласта. Колхозы сæрдар æм арæх æрбауайы колхозы куысты тыххæй ауынаф- фæтæ кæнынмæ. Бабайыл азтæ дæр чысыл нæ цæуы. Зæххы куыст рагæй кæны æмæ йæ хорз зоны. Арæх æй афæрсынц: 300
«Нæ фыды хай, Никъо, уыдæттæ се’ ’ппæт цæмæй зоныс?» Уый бахуды æмæ фæзæгъы: «Цард мæ сахуыр кодта». Æнæхъæн изæр мæ дзыхæй уддзæф не ’схауд, стæй хæринагмæ дæр не ’рæвнæлдтон. „ Райсомæй бон нæма æрбацъæх, афтæ фестадтæн, балкъонмæ рауадтæн æмæ скастæн Ирмистъавмæ. Йæ сæрмæ хур сындæггай йæхи исын байдыдта. Р1æ зæ- рин тынтæ сызгъæрин доны стылдтой дыргъ бæлæс- ты цъæх сыфтæрты. Кæрон нал уыдис мæ цинæн. Мæ кæстæр æфсымæр мæ хордзентæ йе уæхскмæ систа æмæ уыдыстæм араст æввонг. Нæ размæ рацыд колхозы сæрдар. Цæуылдæр бн- рæ фæныхас кодта Шалваимæ. Стæй йын райста йæ къух, фæпдараст нын загъта æмæ мах араст стæм нæ фæндагыл. Шалва цыди саргъы бæхыл. Тынг дзæбæх фидыд- та. Саргъмæ фидар баст уыдис йæ нымæты тыхтон. Бæхтыл бадтысты бригадир æмæ хъомты дохтыр дæр. Хъуццытæ æмæ родтæ цыдысты иумæ. Фæндагыл мерс кодтой донджын æртæсыфон кæрдæг æмæ æх- сырджын тимофеевкæ. Уыцы кæрдæджы мыккæгтæй хъæздыг уыдысты Ирмистъавы хизæнуæттæ. Зымæ- джы дæргъы скъæтты фос сфæлмæцыдыоты, æмæ ныр æрдзы хъæбысы сæхи аивæзтой, бахъæлдзæг сты. Хъуццытæ цыдысты рæвдз, æнæ къуылымпыйæ, стæй дзæгъæл уаст дæр нæ кодтой. Махинджайы род Гвриячэ йæ мады хуызæн рæсугъд у. Бурбын, фæшъуыйы дидинæджы хуызаан йæ ны- хыл урс зыгъар. Æппынæдзух дæр архайы йæ фæл- мæн бырынчъытæй йæ мады фæздон асгарыныл. Фæ- лæ йæм Махинджа уый тыххæй мæсты нæ кæны. Гвритойыл куы схъæр кæнын, уæд мæм Махинджа фæстæмæ ракæсы, æмбары, йæ родимæ йын кæй загъд кæнын, уый. — Иу ран ныууадз дæ мады, цæуын æй ма хъыг дар, — загъд кæнын Гвритомæ. Уый мæ цыма æмбар- гæ бакæны, уыйау йæ мады фæуадзы, фæлæ та йæм 301
нал кæсын, зæгъгæ, уæд фæстæмæ йæ быны смидæг вæййы. Æхсæз сахатмæ схæццæ стæм Ирмистъавы хохмæ. Ардыгæй нæ хъæу зыны, раст цыма армытъæпæны ис, уыйау. Зынынц колхозон арæзтадтæ, царвцæгъдæн завод. Хъомгæстæ фос хизæнтæм аскъæрдтой. Мах та æвдæлон кæнæм уæрдæттæ, бæхты уадзæм, аразæм сæрдыгон цæрæнбынæттæ, хъомдæттæ, кæвдæстæ, род- донтæ. — Куы æрбæстон уæм, уæд баулæфдзыстæм, бам- бæрстат? — загъта Шалва, — рухсæй фæуын х;ьæуы куыстытæ иууылдæр. Æмæ фестæм. Æрбынат кодтам. Ам уæлдæф у сыгъдæг, улæфынæн æнцон. Алырдыгæй дымгæ хæс- сы кæрдæджы, дидинджыты æмæ æрыскъæфты тæф. Дардæй, мигъы æхсæнæй, зынынц къæдзæхты цъуп- пытæ, стæй æхсæрдзæнтæ кæцæй згъорынц, уыцы рæгътæ. Сатæг суадоны раз байтыдтам ерджентæ æмæ сыл æрæвæрдтам, кæмæ цы хæринаг уыдис, уый. Æрбацыди Шалва, худæнбылæй не ’ппæтыл дæр йæ цæст ахаста. Тъасо йын загъта, исты, дам, ахæр. Шалва сразы ис æмæ Тъасойы комкоммæ сбадт. Æз архаин, куыд нæ сæм кæсон, ууыл. Раст зæгъгæйæ, ныхас нæ кæнынц, фæлæ цы бæрæг ис, чи. зоны, æмæ сæ цæстытæй бирæ дæр загътой кæрæдзи- йæн. Афтæ райдыдта хæхты нæ цард. Хъомгæстæ бон дыууæ хатты — райсомæй æмæ сихорыл — хъуццыты дуцынмæ æрбаскъæрынц æмæ уæд мах, хъугдуцджы- тæ, бавналæм нæ куыстмæ. Шалва арæх ацæуы хи- зæнуæттæм æмæ æнæхъæн бон дæр уым баззайы. Иухатт ын Тъасо афтæ, демæ, дам, мæ акæн. Мæ- хъуццытæ, дам, куыд хизынц, уый фенын мæ фæнды. — Кæд афтæ у, уæд цом, — загъта йын Шалва æмæ мæнмæ æрбакаст. Æз æй нæ бамбæрстон, уыцы æрбакаст цы амыд- та, уый, фæлæ дзы мæ зæрдæ куыддæр срыст, цыма йæ исчи кардæй ныррæхуыста, уыйау. 1 Тъ.аоо цъæх кæлмæрзæны тагъд-тагъд аходæн 302
атыхта, стæй дзы ноджы када авæрдта æмæ арасг сты. о ^ • «Доны былмæ куы ныххæццæ уои, уæд уым соад- дзысты æмæ сæ алцыдæр ферох уыдзæн», — хъуыды- тæ кодтон æз. Суанг изæрмæ мæхицæн бынат нал ардтон, æрæнкъард дæн, мæ дзыхæй уддзæф нал хауд. ,. * « 1 « * Хур æрцæйныгуылд, фос цæуын баидыдтоп, фии- ,йæуттимæ æрбаздæхтысты Тъасо æмæ Шалва дæр. Зæронд фиййау Пидо йæ къухы хаста Тъасойы кæлмæрзæн, йæ мидæг цыдæр тыхт, афтæмæй. Тыхтон мæнмæ радта æмæ худгæйæ загъта: — Мæнæ дын зокъотæ æмæ сæ афыц, тынг хæрзад сты. Æрмæст мын-иу кæлмæрзæн фæстæмæ ратт, лæ- вар мын у æмæ куы фесæфа, уæд хорз нæу. — Ахсæв сæ сфыцдзынæн, дада, — зæрдæ йын ба- вæрдтон æз. — Райсом раджы, куыддæр æрбацæуай,. афтæ дæ аходæн цæттæ уыдзæн. Æмæ та мæ ацы ран дæр Шалва фелхыскъ кодта. Фæрсы дын мæ: — Ныр ды та афтæ дзæгъæл бадт кæндзынæ? Дæ хъуццытæ бабæрæг кæнын дæ нæ фæнды? Æвзæр нæ уаид. Бамбæрстай? Не ’мбарын, мæнæй йæ цы хъæуы, уый. Куыд ба- дын дзæгъæлы? Цæмæи мæ æфхæры? Хъуццыты æрдыгътам æмæ сæ фæстæмæ аскъæрд- той хизынмæ. Æз Тъасоимæ ныхас нæ, фæлæ йæм кæс- гæ дæр нал кодтон. Атæппæт мын иууылдæр уый ми- тæ сты. Æвæццæгæн Шалвайæн мæнæй истытæ фæ- дзырдта, йæ зæрдæмæ цæмæй фæцæуа, уый йæ фæнды. Барæй йæ рæзты æрбацыдтæн æмæ мæхи иннæ- рдæм кæсæг скодтон. Фæлæ мæ цыма уый уынгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ дары... Емынæйы цæф! Æмæ ма рæсугъд, гъе хæрзконд дæр куы уаид. Æрмæстдæр ыл даргъ ставд дзыкку æрзади... Цæмæй мæ мæ маст иучысыл айрох уа, уый тых- хæй Даромæ ацыдтæн. Уый дыи Тъасойæ æппæлын куы райдаид: — Æмбаргæ чызг у, æвæдза, Тъасо. Суанг ма хи- зæнуатмæ дæр йæ цæст дары йæ хъуццытæм. Пидо- зоз
йæн када ахаста, йæ кæлмæрзаен дæр ма йын балæвар кодта. Бацин ыл кодта, фæлмæн уарзæгой ныхæстæй йын йæ зæрдæ балхæдта. Æмæ уымæй хорз кæны Тъасо, — дзырдта хистæр хъугдуцæг, — нæ куыст иу- уылдæр хъомгæстæй аразгæ у. Хъуццыты цас хуыз- дæр хизой, цас сæм хуыздæр кæсой, уыйас æхсыр дæр фылдæр æркæндзысты. «А-гъа, уæдæ када Шалвайæн нæ ахаста», — ахъуыды кодтон мæхинымæр. Даройы ныхæстæм ни- цы сдзырдтон; ноджы тынгдæр смæсты дæн; рацыд- тæн æмæ мæ хуыссæны дæлгоммæ бахаудтæн. Сæумæцъæхæй мæ чидæр хъал кæны: — Сыст уæлæмæ, Саломе, ныртæккæ хъомты æр- тæрдзысты. Цыма мæ исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фæгæпп ластон. Кæсын, æмæ мæ уæлхъус Тъасо лæууы æмæ мæм худы. — Æнæмбæрзтæй цæмæн хуыссыс? Суазал уы- дзынæ... Æз æм æнæбары дзырд скодтон. Йæ кæрцæй мæ- бамбæрзта, цыма йын чи загъта. Тагъд-тагъд мæхи арæвдз кодтон æмæ хъомдонмæ фæраст дæн. Хъом уайтагъддæр æрцыдысты. Сæ разæй та иннæ хæттытау сынæр цæгъдгæ уæзбынæй цыдис мæ рæ- сугъд Махинджа. Хъуццытæ æрлæууыдысты сæ бынæтты æмæ сæ родтæм уасын райдыдтой. Родтæ сын уайтагъддæр дзуапп радтой. Ацы хатт дæр та райдыдтон Махии- джайæ. Бауагътон æм йæ роды, стæй уæд дуцын рай- дыдтон. Даро-иу нæ алкæмæ дæр бауад æмæ нын амыдта: — Тымбылкъухтæй дуцут, чызджытæ, уæд фыл- дæр æхсыр æрдуцдзыстут. Даро куыд амоны, афтæ дуцын зындæр у, фæлæ фылдæр æхсыр æрдуцæн кæй ис, уый раст у. Родты нæ фæнды сæ мадæлтæй фæхицæн уæвын, худæг сты, æвæдза, бафсис сын нæй. — Æгъгъæд уын у, ацæут иуварс! •— дзурын сæм æз, фæлæ мæ хъуыды дæр нæ кæнынц. Куы мæнмæ æрбакæсынц, куы сæ мадæлтæм. 304
Фæстагмæ сæ тыхтæй-амæлттæй иуварс атардтон, фæлæ уæддæр Гвритойы йæ мадæй атонын мæ бон нæ ’баци.. Иуырдыгæй йæ куы атæрын, уæд та иннæр- дыгæй æрбауайы. Уæд æз дæр бавдæлдтæн, йæ хъуы- рыл ын бæндæн бабастон æмæ йæ æддæдæр аластон. Фæсдыгъд та хъомты хизынмæ аскъæрдтой, махта ацыдыстæм, цы æхсыр æрдыгътам, уый дæттынмæ. Мæ алы хъуг дæр радта дыууæ литры фылдæр. Дзæв- %гар. фæхуыздæр ис се ’хсыры хъæд дæр. Мæ зæрдæ барухс. Афтæ куы ахæсса, уæд ерысы фæуæлахиз уы- дзынæн. Бон-изæрмæ нæ куыстæй нæ равдæлд. Изæрырдæм хæхты сæрмæ фæзындысты сау мигътæ. Арв ферттывта. Фыццаг дæрддзæф кæмдæр, стæй уæд нæ сæрмæ. Ныннæрыд. Рацыд тæрккъæвда. Шалва фосы мæтæй йæхицæн бынат нал ардта. — Иæ хъомгæстæ сæрæн сты, ууыл ныхас дæр нæй, фæлæ цы нæ ’рцæуы; сырдтæ ахæм рæстæгмæ хъавынц. Къæвдамæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йе ’фцæгыл топп баппæрста æмæ хизæнтæм фæраст. — Æз дæр цæуын, — загъта Тъасо, т- науæд мæ хъуццытæй бæрæг куы нæ зонон, уæд сæм мæ зæрдæ ’хсайдзæн. Тъасо йæ сæрыл кæлмæрзæн акодта æмæ Шал- вайы фæстæ азгъордта. «Æмæ мæнæй мæ хъуццытæ уæлдай сты? Исты сыл æз къаддæр. тыхсын», — загътон мæхинымæр æмæ сæ фæдыл азгъордтон. Цæугæ бирæ фæкодтам. Къæхтæ бырыдысты хуы- лыдз кæрдæгыл — фæкалдыстæм-иу, фæлæ та-иу уай- тагъд фестадыстæм. Дыдыстæм æнæ исты дзургæйæ, ныддонласт стæм, афтæмæй. Нæ сæртæ æмæ нæ цæс- гæмттыл цыхцырджытæй уади дон. Тъасо мын æп- пынæдзух дæр йæ къухæй амыдта, йæ фæдыл куыд цæуон, афтæ. Уый амы фæндæгтæ хорз зоны. Æртык- каг сæрд æрвиты Ирмистъавийы. Тагъд-тагъд бæргæ цыдыстæм, фæлæ уæддæр Шалвайы не ’ййæфтам. Æгæр адард махæй.~ Æвип- пайды нæ хъустыл ауад топпы гæрах. Бамбæрстам 20 Райдзаст Гуырдзыстон 305
æй, уый Шалва кæй фехста. Ахызтыстæм ма’ иу хи- зæнуатыл æмæ дардмæ ауыдтам нæ хъомы. Хъомгæс- тæ хъуццыты иу ранмæ æрæмбырд кодтой. Сæ алы фарс рæйгæ-рæйын рацу-бацу кодтой нæ зондджын, цырддзаст фиййау куитæ, цæмæй хъоммæ сырд ма ба- хъуыза, уый тыххæй. Мах нæ ных сарæзтам фиййæуттырдæм. Къудзийы рæбын йæ дæндæгтæ’ ныззыхъхъыр сты, афтæмæй лæууыд бирæгъы мард. Уарын банцад. Арв сындæггай асыгъдæг. Фæрай- дзастдæр. — Сымах та цæмæн рацыдыстут? — бафарста Шалва, Тъасоимæ нæ куы ауыдта, уæд. — Нæ хъуццытæн фæтарстыстæм, — дзуапп ын радта Тъасо. — Æмæ уæ иу роддонмæ куы ацыдаид æмæ уым куы фæкастаид, уæд хуыздæр нæ уыди? — Ай-гъай уыди, фæлæ йæ нæ сæр не ’рцЯхста. — Мах хъомы разæй иу къахдзæф дæр нæ акод- там,—райдыдта дзурын Пидо.—Сырдты не ’рбауагъ- таиккам, фæлæ уæддæр дæу куы ауыдтам, Шалва, уæд фæныфсджындæр стæм, цыма нæ тыхтыл æфтгæ ба- кодта. Гъемæ уыцы джауыры маргæ дæр дæхæдæг акодтай. — Æмæ уæдæ куыд, зæронд, хъуамæ фос не ’ппæт дæр æмхуызонæй хъахъхъæнæм,—бахудт Шалва» Уыцы рæстæг æз ауыдтон Махинджайы. Хæстæг мæм æрбацыд, йæ бæзджын хуылыдз былтæй мын бавнæлдта мæ къухмæ æмæ бауасыд, цыма мын са- лам лæвæрдта, уыйау. Æз ын æрсæрфтон йæ хуылыдз бæрзæй. Махинджа ныхъхъус, — мæ къухы æндзæвд ын æхсызгон уыди. Уыцы хъуыддаг се ’ппæт дæр бам- бæрстой æмæ ныххудтысты. Бахудт Шалва дæр. йæ сау цæстытæ æрттывдтытæ скалдтой. — Хорз хъуг дын бакодтой дæ бар, тынг хорз хъуг, фæлæ йæм зилын дæр хорз хъæуы, бамбæрс- тай? — бафтыдта ма йæ ныхæстæм Шалва. Мæнæн мæ цнндзинад æрбайсæфти. Афон уыди фо- сæн фермæмæ раскъæрынæн. Мах не ’ппæт дæр рацы- дыстæм иумæ. Æз цыдтæн æнцад, æнæдзургæйæ. Шалва æмæ Тъасо цæуылдæр ныхас кодтоц. Рæстæ- 306
гæй-рæстæгмæ-иу бахудтысты, фæлæ сæм æз иунæг хатт дæр нæ бакастæн. О, искуы ма сæрд куы фæуид, уæд ацæуин, гыццы- лæй ’нырмæ афтæ бирæ кæй уарзын æмæ ныр ме ’нæуынон чи ссис, уыцы Ирмистъавийæ! Æрцыдыстæм фермæмæ. Хъуццытæй алчи йæ бы- натмæ ацыд. Мæ ведратæ дæр нæма райстон, афтæ Махинджайы уасын æрбайхъуыст. «Гвритомæ дзуры, .æвæццæгæн», — ахъуыды кодтон мæхинымæр. Æрæ- вæрдтон ведратæ æмæ роддонмæ базгъордтон. — Ныртæккæ дæм æрбакæндзынæн дæ роды... Фæлæ Гврито роддоны нæ разынди. Мæнæн мæ зæрдæ барыст. — Гврито, Гврито! — дзурын родмæ. Зонын æй, куыддæр мын мæ хъæлæс айхъуса, афтæ ам æрбалæу- дзæн. Фæлæ куы никуыцæй зыны, уæд цымæ цы фæ- ци? Æз бынтондæр фæтарстæн æмæ та ногæй хъом- донмæ азгъордтон. Махинджа мæ иунæгæй куы ауыд- та, уæд мæм бауасыд, цыма цыдæр æнамонд хабар кæй æрцыди, уый бамбæрста, уыйау. Æз райдыдтон хъуццыты иу иннæйы фæдыл дуцын, фæлæ мæ Гври- тойы сæфты хабар æмæ Махинджайы æнкъард цæс- тæнгас иуран нæ уагътой. Æрбакодтам æм æндæр роды, фæлæ йæ йæхимæ æмгæрон дæр нæ бауагъта. Гвритойы сæфты хабар æнæхъæн фермæйы дæр сæ къæхтыл слæууын кодта. Родты цы хъомгæстæ хыз- той, уыдон дисы бацыдысты: куыд хъуамæ ныууагъ- таиккой Гвритойы? Шалва уыди сау мигъæй тардæр. — Ныртæккæ уыцы род ам куыд уа, афтæ, ныр- тæккæ! Кæннод мæм уæхи дæр мауал равдисут, бам- бæрстат? — хъæр кодта фиййæуттыл. Æхсыр куы бахастон, уæд мæхæдæг дæр Гврито- йы агурæг ацыдтæн. Æризæр. Къæвдайæ æхсад зæхх æрттывта хуры фæстаг тынтæм. Фæлæ мæнæн уæддæр мæ зæрдæуы- ди æнкъард. Фесæфт, æз сывæллонау кæй фæхастон канд уыцы род нæ, фæлæ алы бон дæр дæс литры æхсыр... Махинджайæ абон ницы æрдыгътон, Гври- тойы куы нæ ссарон, уæд та райсом дæр æхсыр нæ ратдзæн æмæ уый Тъасойæн пайда у. Ерыс уыимæ хæнын. Хæрзаг афонмæ цинæй мæлы. 307
— Гврито, Гврито! — хъæр кæнын æз æмæ фæ- лæууыдтæн, кæд мæм искуыцæй ныууасид, зæгъгæ. Фæлæ нæй. Ницы хъуысы. Хур аныгуылд. Фæизæрмилтæ. Къæдзæхтæ раз- дæр фæтар сты, стæй уæд бынтондæр сау адардтой. Æз бацыдтæн адагмæ. Къуыбырмæ суадтæн æмæ ма цалдæр хатты ныхъхъæр кодтон: — Гврито! Гврито!.. Адагæй хъуысти доны уынæр, сыфтæрты сыбар- сыбур... Фермæмæ æрбаздæхтæн æмбисæхсæвтæм æввахс. Мæ размæ фесты Даро æмæ Тъасо. — Нæ йæ ссардтай? — хъыгзæрдæйæ мæ афарс- той уыдон. — Нæ йæ ссардтон! — зæрдæрыстæй дзуапп рад- тон æз. — Мæгуырæг, — загъта Тъасо. — Ма тыхс, фæзындзæн... Куы рауарыд, уæд, æвæццæгæн, искуы къудзиты æхсæн бабырыд. Райсом æй ссардзыстæм, — ныфсытæ мын æвæры Даро. Йæ ныхæстæй мæ зæрдæ фæлæууыд æмæ афтæмæй бафынæй дæн. Сыстадтæн раджы, боныцъæхтыл. Мæ хъустыл та ауад Махинджайы уасын, цыма, ’мæ род цы фæци, зæгъгæ, фарста, уый хуызæн. Хъуццыты се ’ппæты дæр æрдыгътон, стæй Махинджамæ бацыдтæн, фæлæ уый йе ’хсыр нæ уадзы. йæ фæздон уыцы атонынæв- вонг пыддымст. Дзурын æм, рæвдауын æй, фæлæ мæ хъуыды дæр нæ «æны. Ныр ын цы кæнон? Афтæмæй фæрынчын уыдзæн... Цымæ мæм ацы фыдбылыз та кæцæй каст... Ногæй та ацыдтæн Гвритойы агурæг. Фæзылдтæн нæ алы фарс æрхы, фæлæ никуы æмæ ницы, раст цыма зæххы скъуыды ныххауд, уыйау æрбайсæфт род. Æнæхъæн бон фæразил-базил кодтон, иу фæсвæд ран, иу къудзи æнæсгæрстæй нал ныууагътон, мæ къæхтæ мæ быны нал цыдысты, фæлæ æз уæддæр мæ роды агуырдтон æмæ агуырдтон. Ахъуыды кодтон æмæ та фæстæмæ фæраст дæн, знон-изæр цьГ адаг басгæрстон, уырдæм. Кæд, зæгъын, уарын куы нык- 308
калдта, уæд фæбырыд æмæ ададжы ныххауд. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта, цыма уым ис. Ныххызтæн адагмæ. Талынг кæнын байдыдта. Мæ уд уайы, исты сырд мæ размæ куы фæуа, уымæй. Уы- цы рæстæг бынæй сыхъуысти кæйдæр хъæр. Æз ныхъ- хъуыстон, æгасæй дæр хъустæ фестадтæн... Фæлæ та минуты фæстæ кæйдæр дзурын райхъуыст: — Гврито, Гврито! — сидти чидæр родмæ. «Чи уа, цымæ, уый?» Мæ цыд фæтагъддæр кодтон. Тæхын йæ размæ. Уыцы хъæлæс та хъусын хæстæгдæрæй. «Чи у, цымæ?» — Гврито? — хъæр кæнын æз. «Гврито!» — сиды æндæр чидæр бынтон хæстæгæй. Уалынмæ йæ мæйрухсмæ базыдтон: — Тъасо?! Уый ды дæ? Гвритойы агурыс ды дæр? Æмæ дæхи цæуыл тухæнæн марыс? — О, Саломе, æз дæн. Æмæ дæм афтæ диссаг цæ- мæн фæкаст? Абондæргъы кæм дæн, уый зонгæ дæр нæ кæнын, — дзырдта Тъасо. — Бæллæх нæу хуы- цауы тыххæй. Махинджа ныр дыккаг бон æнæдыгъд, афтæмæп йе ’хсыр йæ фæздоны бацахсдзæн, стæй нæ фермæйы æхсыры догъ дæр фæкъаддæр уыдзæн. Нæ, нæ, Саломе, æнæмæнгæй ссарын хъæуы Гвритойы! — Æнæ ссаргæ йын нæй. Æнæ уый æз ардыгæй нæ ацæудзынæн... — æмæ мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодтон: — Гврито-о!.. Ныхъхъæр кодтон æмæ ныхъхъуыстон. Æмæ мæнæ диссаг! Ау, уый æцæгæй дæр Гврито- йы уасын у... — Гврито-о! — сидын ногæй. — Гврито-о! — хъæр кæны Тъасо дæр. Мах азгъордтам къудзитæм. Дуртæ, къуыппытæ, дондзаст дзыхъхъытæ ницæмæ дарæм, нæ улæфт улæфтьт æййафы, афтæмæй тæхæм, æмæ та рæстæгæй- рæстæгмæ — Гврито, зæгъгæ, ныхъхъæр кæнæм. Уый дæр нæм дæргъвæтин уаст бакæны. Æппынфæстаг къудзиты æхсæнæй разынд тæппытæ царм, йæ ныхыл урс^зыгъар. йæ бæндæн йæ къæхтыл стыхст, афтаа- мæй къудзиты æхсæн йæ зонгуытыл лæууы. Мах базгъордтам, йæ бæндæн ын райхæлдтам. 309
Æз ын йæ сæр мæ хъæбысы ныккодтон, сæрфын ын йæ ных, пъатæ йын кæнын. Уый фæстæ фæзылдтæн Тъасомæ. Уымæн йæ зæр- дæ суынгæг æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. .— Цæуыл кæуыс? — фæрсын æй æз. Фæлæ мæхи- цæн дæр мæ кæуын мæ хъуырмæ схæццæ. — Æмæ ды та? — Æз... Æз кæуын... Мах ацыдыстæм адагыл хæрдмæ... Нæ дыууæдæр хæкъуырццæй кæуæм... Скъæрæм роды, æххуыс ын кæнæм... — Цы, уый зоныс? — дзурын Тъасомæ, — ды мык хъуамæ бахатыр кæнай... Тъасо мæм дисгæнгæйæ æрбакаст. — Цы дын хъуамæ бахатыр кæнон? — Æз æнхъæлдтон... Нæ зонын, ахæм хъуыды мæм кæцæй фæзынд, уый, фæлæ мæм афтæ каст, цы- ма дæуæн Гвритойы сæфт æхсызгон уыдис... — Æхсызгон? Мæнæн? Цæмæн уæд? — Уымæн æмæ æиæ Гврито Махинджа æхсыр нал кодтаид, æз дæуæй къаддæр дыгътаин æмæ уæд ды... фæуæлахиз уыдаис ерысы. — Æдылы сæр, æмæ уæд æнæхъæн фермæ дæр йæ пълан кæй нæ сæххæст кодтаид, æмæ не ’ппæт дæр фæстæзадтыл нымад кæй уыдаиккам, ууыл нæ ахъуы- ды кодтай? Уæд æз æмæ дæуæн, стæй, кæй зæгъык хъæуы, Шалвайæн дæр худинаг. Ныхæстæгæнгæ схызтыстæм адагæй æмæ æрбав- вахс стæм фермæмæ. Даро нæ куы ауыдта, уæд, гыццыл чызгау, хъом- донмæ азгъордта: — Ссардтой йæ! Æрбакæнынц æй! — хъæр кæны цингæнгæйæ. Шалва уыцы бон Махинджайы хизынмæ нæ ауагъ- та. йæ фæздон равдæлон уа, зæгъгæ; дохтыр дзырд радта, куыд æй æрдуцой, афтæ. Куыддæр ын йæ къæхтæ сбастой, афтæ мах дæр бахæццæ стæм. Махинджа йæ роды куы ауыдта, уæд йæхи раппар-баппар кæнын байдыдта. йæ бæстытæ йын уайтагъд райхæлдтой æмæ Махинджа йæ роды размæ базгъордта. Кæрæдзийыл тынг ныццин кодтой 310
Махинджа йæ роды стæрдта, рæвдыдта йæ. Гврито æхсæвы дæр уым баззад. Дыккаг бон мæ хъуццытæ хизæнæй æрцыдысты æфсæст, æнцадæй. Уый бæрц æхсыр сæ æрдыгътон æмæ уый размæ Махинджа кæй фæхъуаг кодта, уый дæр сæххæст. Мæ куыстытæ куы фæдæн, уæд бацыдтæн Тъасо- мæ. Уый дыгъта æстæм хъуг. Дыууæ ма йын дзы уыди радуцинаг. Мæ къæхты хъæр мын куы айхъуыс- та, уæд мæм ракаст. йæ дыууæ даргъ дзыккуйы йæ риуыл æрхаудысты æмæ йын аив кодтой йæ цæсгомы конд. Куыд дзæбæх сты, стæй йыл куыд хорз фи- дауынц. Æвæдза, тынг зæрдæмæдзæугæ чызг у Тъасо!.. — Нæ бафæлладтæ? — бафарстон æй æз. — Æри- ма, аххуыс дын кæнон. Æмæ йын йæ дзуапмæ дæр нал фæкастæн, афтæ- мæй райстон ведра æмæ райдыдтон хъуццытæй иуы Дуцын. Уыцы сахат æрбацыди Шалва. Дисгæнгæйæ нæм ныккаст. Ныртæккæ мын æнæрвæссонхуызæй зæгъ- дзæн: «Дæхионтæ дуцын куы нæ фæразыс, уæд ис- кæмæн куыд æххуыс кæныс?» Æнæ афтæ зæгъгæ йын нæй. Фæлæ нæ, хæстæгдæр нæм æрбацыд æмæ худ- гæйæ загъта: — Гъеуый мæ зæрдæмæ цæуы. Гъеуый æцæг ерыс у, гъе, — кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Раззагдæр хъуг- дуцджытæ кæй стут, уый бæрæг у. Шалва куы ацыд, уæд Тъасо мæ фарсмæ æрбадт, æрбахъæбыс мæ кодта æмæ мæ бафарста: — Шалва дæ зæрдæмæ цæуы? — Нæ цæуы! — цæхгæр алыг кодтон æз. — Уæдæ ды йæ зæрдæмæ цæуыс. Айфыццаг куыд загьта, уый зоныс? Нæхимæ, дам, куы ныздæхæм, уæд Саломейы тыххæй Никъомæ бацæудзынæн æмæ хъуамæ чындзæхсæв саразон. — Æмæ дзы мæн афæрсын нæ хъæуы? — Дæу, кæй зæгъын æй хъæуы, бафæрсдзæн, уæ- дæ куыд? * * Ох, æвæдза, куыд æрæгмæ цæуы рæстæг. Хъæумæ ма тагъддæр куы ацæуиккам. Афтæ ма банхъæлут 311
æмæ æз чындзæхсæвы тыххæй тагъд кæнын. Мæн ба- зонын фæнды, мæ фыд йæ сæндонæй цас сæн æрдуц- дзæн, уый. Сфаг ын уыдзæн æнæхъæн хъæубæстæ фæ- хынцынæи, Р1рмистъавийы цы диссаджы æнæферох- гæнгæ сæрд арвыстам, уый æрымысынæн?
штвшш®®®®® Мревлиашвили Михаил ХЪАМА Уыдис фараст сахаты. Иннæ æхсæвтау та ныр дæр нæ хæлар къорд æрæмбырд ис госпитæлы бйблиоте- кæйы. Егъау тохнайы сыгъди арт, æмæ агъуыст сын- дæггай хъарм кодта. Рудзгуыты æдде, цæхæрадоны, бæлæстæ миты уæлæ æнæбæлвырд æндæрг дардтой. Парахат зал уыди хи хæдзарау хъарм. Фронты цы тыхстдзинæдтæ бавзæрстам, уый фæстæ не ’ппæтæн дæр нæ къухы бафтыди, адæймаг хæсты быдыры уæв- гæйæ цæмæ фæбæллы, уыцы удæнцойдзинад, уымæ гæсгæ зæрдæтæ уыдысты, зæгъæн куыд нæй, афтæ æн- цад. Рынчындоны сабыр цард, стыр палатæтæ, хæм- пус мит кæуыл æрбадт, кæрты уыцы наз бæлæстæ æмæ, æппынфæстаг, судзгæ тохына — рыцæрты тых- хæй таурæгъты архайæг æмæ рагон хæлар — уыдон иууылдæр зæрдæйы æвзæрын кодтой рæсугъд æн- къарæнтæ. Госпитæлы уæвгæйæ нæм сæвзæрди сæрмагонд æгъдæуттæ. Æрæмбырд-иу стæм пецы раз æмæ-иу кæ- рæдзийæн нæ хæстон хабæрттæ дзырдтам, чи нæ цы федта æмæ бавзæрста, уыдæттæ-иу æрымысыдыстæм. — Леуан, абон дæ рад у, — сдзырдтам æмхуы- зонæй, йæ къух гипсы æвæрдæй залмæ цы хæрзконд æрыгон афицер æрбахызти, уымæ. — Зонын æй! — дзуапп радта уый æмæ æнцадгай тохынайырдæм бараст. Йæ къухы уыди тетрад æмæ чысыл дæргъæццоп тыхтон. Уый хъавгæ æрбадти къæлæтджыныл, ныл1 1 313
лæггомау стъол йæхимæ æрбахæстæг кодта æмæ йыл тетрад æрæвæрдта, тыхтон та йæ"дзыппы бафснайдта. Стæй, тохынайы цы зыкъуыртæ тулдзы лыггаг сыгъ- ди, уымæ ныдджих ис æмæ сабыргай дзурын рай- дыдта: — 1942 азы фæззæджы немыцаг æрдонгтæ Кавка- зы хæхты цæгатаг хохрæбынмæ кæй бахæццæ сты æмæ уым кæй æрбынат кодтой, уый уе ’ппæт дæр зонут. Советон Цæдисы адæмтæй ма иуæй-иутæ хъæр- зыдтой фашистты æфсондзы бын. Украинæ, Белорусси æмæ Цæгат Кавказы уыцы бонты йæ5 тæмæны уыди партизанты тох; æппæт советон адæм, иу адæймагау, сæ маст æхсидгæйæ, алы минут дæр ардбахордау сæ зæрдыл дардтой Сæйрагкъамандыгæнæджы приказ. Советон Æфсады хæйттæ сæхи цæттæ кодтой раз- мæ бырсынмæ. Сæхи атакæмæ цæттæ кодтой Кавка- зы фронты æфсæдтæ дæр. Нæ дивизи лæууыди Алагирмæ бацæуæны æмæ Советон Æфсады иннæ иугæндтимæ кæрæдзийы фæ- дыл знаджы атакæтæн ныхкъуырд лæвæрдта. Не ’ппæт дæр уыдтам, знаг куыд лæмæгъ кæны, уый. Иухатт изæрыгон иучысыл отрядимæ штабæй хæс- ты раззаг хахмæ фæцæйцыдыстæм. Тынг бафæлла- дыстæм. Уарыд мит. Ноябры уазал бон цыди йæ кæ- ронмæ. Цæгатырдыгæй фæзынди егъау мигъ’ æмæ уайтагъдарв æгасæйдæр æрбахгæдта. Мигъæнгомæр- бадти. Нæ алыварс уыди мæрдты бæстау сабыр. Хæс- ты быдыры чи фæци, уыдонæй алчидæр хорз зоны уыцы уæззау, æрхæндæг сабырдзинад. Цыма æндон æмæ арт иумæ мæлæтдзаг тохы бацæуынц, ’бæстæ уы- йау гыбар-гыбур свæййы, стæй æвиппайды æппæтдæр фæхъус вæййы æмæ хæсты быдыр рохуат уæлмæрды хуызæнæй аззайы. Мит тъыфылæй уарыди. Сармадзантæ ныхъхъус сты, танктæ цыдæр фесты, минометтæ æмæ пулеметты хъæр нал хъуысти. Хъуызгæ-хъуызгæ мæ отряд цыди размæ. Мах уы- дыстæм нæ оборонæйы раззаг хайы участоктæй иуы раз. - ’ Уалынмæ хæрз хæстæгæй райхъуыст хъæрзын.Мах фæтагъд кодтам уыцырдæм. Ш
Æрдæгкалд акъопмæ хæстæг ауыдтам цæф æфсæд- доны. Æз æм фæгуыбыр кодтон æмæ йын йæ хъуыры æгънæджытæ рафтыдтон. Æфсæддон та ногæй ныхъ- хъæрзыдта. Æппындæр йæхи нал æмбæрста. «Нана...» — зынтæй сдзырдта уый. «Тагъд арахъхъ!» — загьтон æз, хæстæгдæр мæм лцы салдат лæууыд, уымæн. Цæф чысылтæ йæхи æрæмбæрста. «Мæлын...»—сдзырдта ногæй цæф æфсæддон æмæ мын мæ къухмæ фæлæбурдта. «Ма тæрс! Ницы дын уыдзæн!» — зæрдæтæ йын авæрдтон æз. «Дон!» Салдат ын арахъхъ адардта. «Дæ ном та цы хуины?» — бафарстон æй фæл- мæн хъæлæсы уагæй. «Ла... ли... а... шви... ли... Лев...» — йæ ном дзæбæх зæгъын йæ бон нæ баци. «Калакаг дæ? Ме ’мбæстаг?»—афарстон та йæ æз. Цæфæн йæ цæсгом фæрухс. Йæ тых ма цы уыд, уымæй мын мæ къух нылхъывта, йæ цæстытæй аца- мыдта, йæ цуры цы хызын уыди, уымæ æмæ сындæг сдзырдта: «Мæ мадæн-иу фехъусын кæн...» Йæныхас та æрдæгыл фескъуыдиæмæ йæудсиста. Æз йæ уæлхъус мæ уæрджытыл æрлæууыдтæн æмæ йын йæ цæстытыл æрхæцыдтæн. Фæндараст загътон ме ’нæзонгæ æмбæстагæн, хызын систон æмæ, марды баныгæныны тыххæй дзырд ратгæйæ, дарддæр ацыдтæн. Нæдæр салдаты мæлæты, нæдæр æнæуи нæ алы- варс диссагæй ницы уыд. Быдыр уыцы æдзæмæй лæууыди. Миты тъыфылтæ сындæггай сæхи дæлæмæ уагътой æмæ афтæ зынди, цыма æрмæстдæр митæй джебены урсдзинад уыди, чи фæмард, ууыл хъыгдзи- нады нысан. Райсомæй та хæст ногæй стынг и, æмæ мæ айрох сты Лалиашвили дæр, стæй йæ хызын дæр. Иузаман, æндæр акъоппытæм ивгæйæ, хызын æнæн- хъæлæджы фегом æмæ дзы ауыдтон хъама æмæ мæ- нæ ацы тетрад. Хъама уыди чысыл æмæ тынг рæсугъд; йæ кæрд.- 315
дзæмыл уыгард нывæфтыдтæ, йæ фистон та пылыстæ- гæй. Къæдз-мæдз сызгъæрин нывæфтыдтæ кæм баиу сты, уым сæ рауад æртæсыфоны къæлæсытæ ныв; æр- тæсыфоны алы зæнгыл дæр ахæм сыфтæ уыди цып- пæргæйттæ; уьтдон уыдысты амонды нысан. Æз рай- гом кодтон тетрад æмæ дзы æппæты райдианы бака- стæн ахæм цыбыр уæлæмхасæн фыст: «Рæстæгæй спайдагæнгæйæ дын хъавын иу рагон таурæгъ радзурынмæ, стæй ацы хъама раттынмæ. Цы базындæуа, чи зоны æмæ дæ искуы бахъæуа. Æниу, минæтæ æмæ танктæ куы ис, уыцы дуджы цы- ма хъамайæн раздæры ахадындзинад нал ис... Фæлæ бахъуаджы сахат хуыздæр дзаумайæн скæнæн нæй». Кæнæ мæнæ иннæ ахæм уæлæмхасæн фыст: «Таурæгъ у хæрз чысыл хабар, мæнæн æй ра- дзырдта йæ архайджытæй иу, уымæ гæсгæ, æнæгæды куы зæгъон, уæд дзы йæ фон йедтæмæ мæн ницы у». Мæнмæ уыцы фыстытæ диссаг фæкастысты, æмæ тетрад кæрæй-кæронмæ бакастæн. Радзырд мæ зæр- дæмæ фæцыдис. Æнæбæрæг автор, йæ фыдæлтæй цы æцæг цау фехъуыста, уымæй сарæзта аивадон уац- мыс, романтикон здæхт ын радта, афтæмæй. Æвæц- цæгæн, таурæгъ дæр æмæ хъама дæр уыдысты, мæ къухы цы æмбæстаг амарди, уый бинонты царды сæрыстырдзинад. Чи зоны, æмæ уый йæхæдæг уыди рагон таурæгъы рæсугъд фæлгæты автор. Радзырд у, стыр тохы фæдыл кæй ныффыстæуыд, уымæй чысыл скъуыддзаг. Уæвгæ мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы хæст дæр у хицæн хæстон цауты егъау æм- бырдгонд, æмæ æппæт уыцы скъуыддзæгтæй, сæ ны- сан иу уæвгæйæ, рауайы уæлахиздзинады бирæхъæ- лæсон симфони. Фæлæ æгъгъæд фæуæд! Мæ хъуыдытæй уæ куы стыхсын кæнон, уымæй тæрсын. Æркæсæм радзырдæн йæхимæ. Леуан йæ гипс бæттæн адзæбæхтæ кодта, стъол йæхимæ хæстæгдæр баласта, тетрад рафæлдæхта æмæ кæсын байдыдта. «Алазаны дæлвæзы изæр кæнынмæ хъавыд. Бон сындæгган йæ кæронмæ цыди. Кавказы хæхтæ уæйлаг 316
нымæты тыхт урсбоцъо æгомыг бæгъатырты хуызæн арвмæ фæцыдысты. Гомборы хæхтæ сæхи ныхъхъуын- тъыз кодтой. Фæззыгон рог фæлмы тыхтæй хъæздыг Къахет рæдзæ-мæдзæ кодта. Цъиузмæлæг дæр кæм нæ уыд, уыцы фæндагыл фæззыгон æнкъард æдзæмад йæхи æруагъта. Æрмæст хъæдæй хъуысти сидахъхъы уасын æмæ кæмдæр пыхс- бынæй, фæззыгон хур кæй батавта, ахæм гæркъæра- джы зарын. Æрдзы сабырдзинад фехæлдта, гæпдугъæй цы бæх уаДи, уый кьæхты хъæр. Фæндагыл æрбазынди барæг. Рыг йæ сæрыл мигъау систа, афтæмæй фатау тах- ти бæх; изæры хурмæ æрттывдтытæ калдтой барæджы хотыхтæ. Барæг Шуамтинскы моладзандоны æмбонды цурмæ куы бахæццæ, уæдмæ изæрмилтæ дæлвæзыл сæхи æруагътой. Бæх кæрты дуары цур дзыхълæуд фæкодта. Барæг хъахъхъæнджытæм бадзырдта. Фæ- цыд тулдз кæрты дуары уæззау хъинц, топпуадзæн рудзгуытæй хъахъхъæнджытæ æд арцытæ сæ сæртæ радардтой. Кæрты баст куыдз йæ бæттæнтæ рацæй- тыдта. — Кæцы дæ? — райхъуыст дуаргæсы хуыссæг- хъæлдзæг фæсус хъæлæс. — Паддзахы дегбаш Лалиашвили Леуан. Дуар байгом кæнут! — дзуапп радта барæг, йæ бæхы рох- тыл хæцгæйæ. Дуар байгом. Барæг зæхмæ æргæпп кодта, бæхы рохтæ баппæрста, йæ размæ чи рауад, уыцы лæггад- гæнæгмæ, йæхи æрцагъта æмæ дуаргæсæн заг%ъта: — Минбашмæ мæ бахæццæ кæн. Паддзахы фыр- тæп писмо æрбаластон. — Сумбаташвили фынæй у, абон тынг бафæллад. — Райхъал æй кæн. Дуаргæс йе ’уæхсчытыл æвæндонхуызæй уæлæмæ схæцыд, стæй фæзылди æмæ, йæ дæгъæлты дзыгъал- мыгъул цæугæ, къахвæндагыл фæраст ис. Талынг кæнын райдыдта. Моладзантæм изæры аргъуыдмæ цы дзæнгæрæг сидти, уый зыланг сæфтис æрдзы сабырады. Моладзанты агъуыстытæй мыда- дзын цырæгъты гæзæмæ рухс ракалд. Æфсæдты пъа- латкæтæ æмæ моладзанты агъуыст ныгъуылдысты 317
изæры тары. Мæй нæма скаст. Æрвгæрæтты æмбырд кодтой, Илтойы хæхтæй цы сау мигътæ цыд, уыдон. Арвыл-иу ферттывтой иугай стъалытæ, фæлæ-иу уай- тагъд мигъты бын фесты. Æвиппайды сыстад дымгæ; хъæддаг кæрдойы къалиутæй ратыдта фæстаг сыф- тæртæ æмæ сæ дард кæдæмдæр ахаста. Æрбауазал. Минбаш Сумбаташвили Луарсаб рæдзæ-мæдзæ кодта къæлæтджыныл, йæ къухты нымайæн фæрдгуы- ты хал, афтæмæй. Фехъусын ын кодтой паддзахы фæ- дисоны тыххæй. Халассæр хæстон йæхи æрæмбæрста, къæлæтджыны дзæбæхдæр æрбадти, дзырд радта уа- зæджы мидæмæ ракæныны тыххæй; лæггадгæнæгæн загъта, тохынайы сугтæ куыд бавæра, стæй уазæгæн æхсæвæр æмæ хуыссæн куыд ацæттæ кæна, афтæ. Хæстонты фæлтæрдджын хистæр уайтагъддæр ба- зыдта æрвыст лæджы. Луарсаб Дирбы хæсты цы æф- сæддон иугондæн къаманды кодта, Лалиашвили уым •уыди æмæ фесгуыхти йе ’хсардзинадæй. Паддзах æй ссæрибар кодта, Лалиашвили уый размæ хъазайраг зæхкусæг уыд. Стæй йæ Луарсаб йæхимæ службæмæ айста æмæ йын радта дегбашы ном. Æрвыст лæг йæхæдæг дæр хæстонты хистæры ба- зыдта. Леуан æй Дирбы куы федта, уæдæй нырмæ Сумбаташвилийæн йæ сæр зынгæ сурс. Лалиашвили минбашæн йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ йæм пад- дзахы фырт Иоанны писмо балæвæрдта. Луарсаб цырагъ йæхимæ хæстæгдæр æрбакодта, писмо бакасти æмæ артырдæм ныджджих ис. Стæй йæ рихитæ адаудта æмæ йæхимидæг бахъуыр-хъуыр кодта: — Нæ сабыр кæны уыцы хивæнд Алыксандыр! Гуырдзыйы сæфтмæ æркæндзысты паддзæхты фыртты’ хъаугъатæ! Леуан бадти æнæдзургæйæ. Хæстонты хистæрæй цы ныхæстæ схауд, уыдон уый тыххæй загъд нæ уы- дысты. Сумбаташвили сыстад, йæ лулæ рацагуырдта, уаты дыууæрдæм арацу-бацу кодта, стæй æрвыст лæ- джы бафарста: — Паддзах Георгийы æнæниздзинад куыд у? — Фыццагау æнæфæразгæ хæссы паддзах: йæ нпзмæ хъусгæйæ йæ зæрдæ нынкъард. 318
— Хуыцау бахизæд... — йæхимидæг дзурæгау, загьта Сумбаташвили. Тохынайы арт уыциу æрттывд фæкодта, стæи ахуыссыд. Агъуыст уайтагьд сауталынг аци. — Сбад, дæ фæллад суадз... — Нæ, æз тагьд кæнын. Паддзах Йоанны фырт дæм æрвнты, цæмæи раи- сомбоныцъæхтыл æд æфсад Кизикийырдæм рацæуаи. ^ _ О, уый тыххæй мæм фыссы. Æмæ цы, мах цæт- тæ стæм. Æз æрмæст бардзырдмæ æнхъæлмæ^кастæн! — Ноджы ма фæдзæхста, цæмæй Сигнахийы баиу уат мах сæйраг тыхтæ æмæ уырысы æфсадимæ. — Уырыссæгтæ бирæ сты? — Æхсæзфондзыссæдз салдаты бæрц æд сарма- дзантæ æмæ æд чырæ. — Сæ хицау чи у? — Инæлар Лазарев. — Омар-ханы æфсады тыххæй цы дзурынц? Бирæ сты? — Нырма йын ницы зонæм. Ахсæв хъуамæ æз- æппæтдæр сбæлвырд кæнон. — Дæхи хъахъхъæн! Уæвгæ ды Дагестаны уыд- тæ, се ’взаг сын зоныс... Чи зоны, уыйбæрц зын дын ма уа. — Кæд хуыцауы фæнда, уæд æппа&тдæр базон- дзынæн. — Æмæ уæддæр цы дзурынц? — Куыд дзурынц, афтæмæй Омар-ханы æфсадьг ис ссæдз мин адæймаджы. Къамандыгæнджытæ та сын цыма Омар-хан йæхæдæг, Джонгатай æмæ пад- дзахы фырт Алыксандыр сты. — О, уый тыххæй дæр мæм фыссы Иоанны фырт. — Мæн ма хъæуы паддзахы фырт Алыксандыры дæр фенын æмæ йæм писмо раттын. Иоанны фырт йæ хæстæгæй куры, гуырдзиæгтæн сæ туг куыннæ ныккала, афтæ. Æнæуи дæр, дам, чысыл стæм æмæ нæ уидаг сыскъуындзæн, кæрæдзийы куы цæгъдæм, уæд. Сумбаташвили фæцæрдæг ис. Тохынайы та ногæй арт схæцыди, суджы лыггаджы зыкъуыр дæр ссыгъ- ди, агъуысты къултыл ферттывтой ауугеттæ. 319
— Паддзахы фырт Алыксандыры фенын дæ хъæ- уы, зæгъыс? — Хæсгоид мын у паддзахы фыртмæ писмо рат- тын. — Уый тынг зын хъуыддаг у, Лалиашвили! — фæхъæр кодта Луарсаб æмæ лæппумæ хи фыдау са- гъæсхуызæй бакаст. Лæггадгæнæг дуарæй æрбакаст æмæ фехъусын кодта, уазæгæн æхсæвæр æмæ хуыссæн цæттæ сты, зæгъгæ. Фæлæ фæдисон лæг нæдæр æхсæвæр ба- куымдта, нæдæр æхсæв баззайыныл сразы ис. Æр- мæст ракуырдта, цæмæй йын радтой æвæллад бæх, кæсгон цухъхъа, рон æд хъама æмæ уæйлаг нымæт. Лæггадгæнæг æрбахаста, æрвыст лæг цыдæриддæр куырдта, уыдон се ’ппæт дæр æмæ фехъусын кодта, бæх дæр цаеттæ у, зæгъгæ. Лæппуйæн хæрзбон зæгъгæйæ, æфсæдты хицау.йæ цæссыгтæ тыххæй урæдта. Хæстæг æм бацыд, йе ’уæхс- кæн ын апъа кодта, стæй йæ ронæй чысыл хъама рай- хæлдта, йæ фистон пылыстæгæй конд, сызгъæрин ныв- æфтыд кæрддзæмы æвæрд, Леуанмæ йæ бадардта æмæ загъта: — Айс æй, зæрдыл дарынæн. Дæ дзыппы йæ хæсс, — разведкæгæнæгæн хорз дзаума у. Фæдисон йæ лæварыл ныццин кодта, хъама йæ роны атъыста, минбашæн раарфæ кодта, хæрзбон ын загъта æмæ рацыди. Арв æмæхгæд уыди сау мигът-æй. Бæстæ уыди тар. Гомборы хæхтырдыгæй хаста уазал æмæ адæймаджы буары иннæрдæм хызти. Кæмдæр айнæджы скъуыдты ниудта дымгæ; дардæй хъуысти, цæугæдон Турдо йæ дурджын донвæдыл йæхи куыдхойы, уый уынæр. Сæл- фынæг кодта. Ногæй та фæцыд тулдз дуары хъинц, мæсгуыты сæртыл та хъахъхъæнджытæ базмæлыдысты... Уæйлаг нымæты тыхт барæджы æндæрг æхсæвы таримæ баиу ис. Омар-ханы æфсæдтæ æрæнцадысты хъæды, Ала- заны тæккæ былгæрон. Егъау хъæды къох ныррухс и, 320
æфсæддонтæ ды æртыты. алыварс бадтысты, уыдоньг рухсæй. Иуварсæй бакæсгæйæ афтæ зынди, цымаАла- верды кувæндон галуаны стыр бæрæгæхсæв уыди. Боны рухсмæ ма дзæвгар уыди. Лагеры стын нæ- ма райдыдтой. Арты рухсмæ бæлæсты аууæттæ хæрдмæ фæцыдыс- ты, æфсæддонтæ дыууæрдæм рауай-бауай кодтой æмæ-иу куы дзæбæх разындысты, куы та фæздæджы фæлмы аныгъуылдысты. Уымæй æнахуырдæрмæ ма цæмæ бакастаид лæг фæззыгон мигъ æхсæв. Леуан йæ бæх фæурæдта, уæлбæхæй хъæрццыгъа- йау цырддзастæй афæлгæсыд хъæды пырхгонд лаге- рыл. Иæ былтæ худызмæл бакодтой. Алазаны фал- лаг былгæрон зындысты хъахъхъæнджытæ. Лалиаш- вили идоныл рахæцыд, бæх иннæрдæм фездæхта æмæ хъæды тары смидæг. Æрыгон лæппуйы цæстытæ та- лынджы уыныныл дæр сахуыр сты, æмæ уайтагъддæр дзедыры къутæртæ бафиппайдта. Леуан йæ бæх къу- тæрты астæумæ бакодта, йæхæдæг зæхмæ æрхызт. Лалиашвили тагъд кæны. Уасджытæ фыццаг уаст ныккодтой. Уый та хъуамæ талынг ма куыд уа, лагер- мæ афтæмæй баирвæза. йæ бæх, йæ хæцæнгæрзтæ æмæ уæйлаг нымæт къудзиты астæу æрæмбæхсгæйæ, Леуан бацыд доны былмæ æмæ дзы бауайынæн тæ- нæгдæр ран ацагуырдта. Фæлæ дзы ницы ссардта æмæ уæд фаллаг^ фарсмæ бæлвырддæр кæстытæ кæнын байдыдта. Йæ тæккæ бакомкоммæ хъахъхъæнджытæ нæ разынди. Уæд Леуан йæ дзаумæттæ феппæрста, атыхта сæ æмæ доны аленк кодта, дзаумæттæ йæ иу къухы йæ сæрмæ бæрзонд даргæйæ. Дон уыди ихы къæртты хуызæн уазал. Леуанæн улæфт нал фаг кодта. Алазаны фаллаг фарс куы ра- хызт, уæд къутæрты амбæхсти. Уазал йæ буары ин- нæрдæм ахъардта, æмæ йæ зыр-зыр ссыд. Къухты- кæлмæрзæнæй йæхи, куыд зоныс, ахæм сæрфтытæ акодта æмæ йæ гæрстæ скодта. ^Кæмдæр хæрз хæстæг хъахъхъæнæг схуыфыд, стæй раидыдта æнкъард зарæг кæнын. Лалиашвили йæ мид- бынаты сагъдауæй баззад, стæй зæххыл ахуыссыд, йæ лæвар хъама рацагуырдта æмæ йыл фидар ных- хæцыд. 21 Ра#дзаст Гумрдзыстон 321
Зарæг фæмынæг. Лалиашвили сыстад, фæгуыбыр- фæгуыбыргæнгæ азгъордта хъамылы астæуты, стæй та фæстæмæ æрхуыссыд. Хъыпп-сыпп никуыцæй хъуысти. Хæрз хæстæгæй зынын бандыдтой тулдз къо- хы иугай бæлæстæ, се ’хсæнтæй калди лагеры æрты- ты рухс. Лалиашвили йæ гуыбыныл быргæйæ тулдзджын- мæ куы баирвæзти, уæд æрлæууыд, аулæфон, зæгъгæ. Стæй сыстад, йæ цухъхъайы фæдджитæ æрцагъта, уæлдзарм худ йæ ныхыл ныллæгдæр æркодта, йæрон æрбалвæста æмæ хъавгæ къахдзæфтæй лагермæ араст. Æфсад иугай-дыгай уæлæмæ стын райдыдтой. Иу- . тæ кувгæ кодтой, иннæтæ аходæн хæрыныл балæууы- дысты, чидæртæ та, хæсты цы фæллой байстой, уы- дон уæрстой. Кæцæйдæр хъуысти сылгоймаджы цъæ- хахст. «Чызг раскъæфтой уыцы джауыртæ!» — загъта йæхинымæр Леуан. Уый æнцад-æнцойæ цыди лаге- рыл æмæ йæ хъуыды дæр ничи кодта. Талынджы цухъхъа æмæ уæлдзарм худы мидæг, Леуан уыди ин- нæ æфсæддонты хуызæн. Чи йыл æмбæлд, уыдон æй хуыдтой æндæр къамандыйæ, иуæй-иутæ та йын æн- хъæл уыдысты æндæр отрядæй. Иухатт æм чидæр дзургæ дæр скодта: — Ибрагим! Фæлæ Леуан фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Сындæггай цыди хъæды астæуты æмæ æртытæ нымадта. Иу... дьтууæ... цыппар... ссæдз... фондзыссæдзы... Дыууæ- фондзыссæдзы... Афтæ æрзылди æгас лагерыл æмæ банымадта астфондзыссæдз арты. Куы бафæллад, уæд бæласы бын æрбадти æмæ йæхинымæр нымайын райдыдта: «Астфондзыссæдз^ арты... Рæстæмбис нымадæй алы арты хыгъдмæ дыууæ сæдæ æфсæддоны куы ны- майæм, уæд дзы уайы аст мины. Бафтауæм ма сæм ноджы дыууæ мины, уымæн æмæ æртытæ се ’ппæт нæ банымадтон, — æдæппæт дæс м-ин æфсæддоны. Иу- уылдæр бæрзонд, бæзæрхыг адæм, хуыздæр æфсæд- донтæ ма цы вæййы! Раст у, махмæ чысыл ис æфсад, тынг чысыл: мин æфсæддоны Сигнахы, паддзахы 822
фырт Иоаннмæ, иу мин та уæллаг Къахеты, æхсæз- фондзыссæдз адæймаджы та уырыссæгтæ. Æцæг уы- дон сар^мадзантимæ...» Мæйдары фæзынди тар æндæрг æмæ æрлæууыди Леуаны уæлхъус. Леуан фынæйæфсон йæцæстытææр- цъынд кодта. Æндæрг æм æргуыбыр кодта æмæ^йын йе ’уæхск хæлары уыгъд ныккодта. Лалиашвили йæхи аивæзта æмæ цыма хуыссæгхъæлдзæг уыд, уыйау ин- нæрдæм азылди. — Къахетаг арахъхъæй дæхимæ фæкастæ, æн- хъæлдæн? Ей, Мансур, райхъал у! Тагъд стæры раст кæнæм æмæ уайгæ, дæ бæх рацагур! — Бафæлладтæн, бауадз мæ, иучысыл ахуыс- сон! — схъуыр-.хъуыр кодта Леуан æмæ дæлгоммæ æрфæлдæхт. — Æмæ ныр хуыссыны рæстæг у? Нæ фехъуыс- тай — уырысы æфсад, дам, гуырдзиæгтæм æххуысмæ схæццæ сты. Ноджы сæм сармадзантæ дæр ис... — Æмæ сармадзанты ныхмæ нæ бон цы бауы- дзæн. Фæлтау хæхтæм айсæм нæхи, уырдæм сарма- дзантæ не ’сласдзысты! — Куыд дзурынц, афтæмæй та Кизикийыл ацæу- дзыстæм. Уыцы джауыртæм уым чысыл æфсад ис. Чи зоны, уым семæ схæцæм. — Кæмæй фехъуыстай? — Джонгатайæ. Омар-хан ахæм бардзырд радта. Æндæрг фæстæмæ фæзылд æмæ ма цæугæ-цæуы- пы сдзырдта: — Сыст уæлæмæ, хуысгæйæ ма баззай. Дæ бæх рацагур æмæ дæхи арæвдз кæн! Лалиашвили ницы сдзырдта. Æфсæддон бæлæсты аууон фæци. «Дæс мин æфсæддонимæ Кизикимæ», — йæхими- дæг загьта Леуан, сыстади, йæ худ йæ сæрыл адзæ- бæхтæ кодта æмæ лагеры астæумæ йæ ных сарæзта. Ам бирæ цатыртæ уыди. Иуæн дзы йæ цъупп уыди сызгъæриндонытылд æмæ арты рухсмæ æрттывдтытæ калдта. Лалиашвили дызæрдыг лæуд æркодта. Уый хъуы- ди паддзахы фырт Алыксандыры фенын æмæ йæм писмо раттын. Фæлæ нæ зыдта, паддзахы фырт кæцы 323
цатыры ис, уый. Цатырты ма адæм, æвæццæгæн, фы- нæй уыдысты. Иу минуты бæрц ахъуыды кодта Леуан, стæй йæ ронæй Сумбаташвилийы лæвар фелвæста æмæ хъама йæ къухы, афтæмæй фæраст, хъæздыгдæр цатыртæй иумæ. — Салам алейкум! — загъта кадгæнæгау хъахъ- хъæнæгæн. — Алейкум салам! — дзуапп радта хъахъхъæнæг. — Гуырдзиаг хан мæ куырдта, нывæфтыдтæ кæ- уыл уа, ахæм чысыл хъама скæнын. Куыдæмæйрар- дæуа, мæ лымæн? — Гуырдзиаг хан фынæй у, ныртæккæ йæ дæ хъа- ма ницæмæн хъæуы. — Уæдмæ æфсад срæвдз уыдзысты, æмæ йæ нал фендзынæн! — Æз дын цфтæ зæгъын, æмæ гæнæн нæй! Хан йæ фæллад уадзы. Арвыл фæзынди сæуæхсиды фыццаг ирд тæлм. Ла- лиашвили тæрсын байдыдта. Архайын хъуыди рæвдз- дæр. — Чи зоны, æмæ хан фынæй нæу? Бацу йæм æмæ йын фехъусын кæн! Чысыл æхцатæй мын не ’вæрдта зæрдæ. Æвгъау сты фесæфынæн. Куы мæ бауадзай, уæд дæуæн дæр ахæм хъама сараздзынæн. Хъахъхъæнæг хъамамæ дызæрдыггæнгæйæ бакаст: Леуан æй йæ къухты аратил-батил кодта. Арты рухс- мæ хъамайы фистоныл сызгъæрин нывæфтыдтæ цæ- хæртæ скалдтой. — Цæй хорз, бакæсон, чи зоны, фынæй нæу, — загъта хъахъхъæнæг æмæ цатыры фæмидæг. Лалиашвили æнхъæлмæгæсгæйæ баззад. Иунæг минут æм æнусы дæргъæн фæкасти. Кæмдæр уасджы- тæ ныууасыдысты, мигъ стын байдыдта. — Цу! — мынæг хъæлæсæй сдзырдта хъахъхъæ- нæг. Леуан цатырмæ куы бацыд, уæд æвиппайды ницы равзæрста, стæй ауыдта иу лæджы уæйлаг нымæтыл бадгæ. Арфæйы ныхæстæ куы загъта паддзахы фыр- тæн, уæд ха^тæгдæр бацыд æмæ йæм ризгæ къухтæй пнсмо балæвæрдта. 324
Сойын цырагъы фител ссыгъди. Паддзахы фырт Алыксандыр скасти æрвыст лæгмæ, стæй тæрсæгау ныккасти писмомæ, сындæггай йæ райхæлдта, йæ даргъ боцъойыл йæ къухтæ æрхаста æмæ кæсын рай- дыдта. Уайтагъддæр Алыксандыры цæсгомыл фæзын- ди тыхстдзинад—йæ ныхы тугдадзин анæрсти, дыууæ æрфыджы æхсæн цæхгæрмæ æнцъылд фæарфдæр ис. Иæ улæфт дæр нал хъуысти, афтæмæй Лалиашвили касти паддзахы фыртмæ. Æвиппайды Алыксандыр фестади, цыма йыл исты фæхæцыд, уыйау, цатыры къуымты дыууæрдæм ара- уай-бауай кодта, тигр кълеткæйы куыд катай кæна, афтæ; стæй тызмæгæй бакаст фæдисонмæ, хæстæгдæр æм бацыд æмæ йын мынæг хъæлæсæй загъта: — Цæугæ ардыгæй! Лалиашвили фестъæлфыд, фæстæрдæм ракъах- дзæф кодта, йæ хъуыдытæ рамбырд кодта æмæ ба- фарста: — Цы дзуапп дæттыс, паддзахы фырт? — Мæ бæсты дзуапп мæ кард ратдзæн. Мæ хæрæ- фырттæн гъе афтæ зæгъ. Цæугæ! Лалиашвили цатырæй рахызт, хъахъхъæнæгæп раарфæ кодта, дыккаг хатт ын хъамайæ зæрдæ ба- вæрдта æмæ тагъд къахдзæфтæй аивгъуыдта. Тулдзджын къохмæ куы бахæццæ, уæд æнцонæн сулæфыд. Нырма йæ хъуыдис хъахъхъæнджыты æх- сæнты аирвæзын. Тарстхуызæй ракæс-бакæсгæнгæйæ, Лалиашвили рацыди къохæй. Гуыбыр-гуыбыр азгъордта къутæрты æхсæнты æмæ бахæццæ былгæронмæ. Æнцад цыдæй уади сабыр бирæдонджын Алазан. Æвиппайды Леуан фæгуыбыр, йе уæнгтæ ныррыз- тысты. Р'1æ хæдфæстæ кæйдæр аууон февзæрди. — Салам алейкум! — ауад йæ хъустыл. Хъамайы цыргъ фындз ын йæ фæсонтæ ахъыдзы кодта. «Бæстæ фесæфтон!» — ахъуыды-ма кодта Леуан. Иæхи иуварсырдæм уыциу зылд фæкодта, фездæх- тн æмæ сызгъæрин нывæфтыдджын хъамайы цыргъ бырыпкъ цæстыфæныкъуылдмæ знаджы риуы бафар- дæг. Знаджы къухæй цы дæргъæй-дæргъмæ хъама 325
æрхаудта, уымæн йæ фындз зæххы нынныхст. Æнæ- хъæр-æнæцъистæй лæг былгæроны змисыл æрхауд. Лалиашвили йæ дарæс дæр нал раласта, афтæмæй донмæ багæпп кодта». Леуан фæци йæ ныхас. Тетрад бахгæдта æмæ ар- тырдæм йе ’ргом раздæхта. — Дарддæр! — схор-хор кодтам мах, æрхъæцмæ нæ хъæцгæйæ. — Ууыл радзырд фæци, — дзуапп радта Леуан йæ мидбылты худгæйæ. Махæн уый хъыг уыди æмæ нæ кæрæдзимæ ба- кастыстæм. — Уæвгæ нæ. Мæнæ ма ам кæронæй иу æмхасæн фыст ис, — загъта Леуан. «Паддзахы фырт Алыксандырæн йæ хъуыддæгтæ йæхи зæрдæйы фæндиаг нæ рауадысты. К/ъам-анды- кæнынады къухы знаджы тыххæй бæлвырд бæрæггæ- нæнтæ куы бафтыдысты, уæд гуырдзиаг æмæ уырыс- саг æфсæдтæ знаджы æрдонгты ныддæрæн кодтой, кæд знаг нымæцæй дзæвгар фылдæр уыди, уæддæр. Ниахурайы цур хæстыты састы бынаты баззайын АварыæмæЧъареты æлдæрттæн, аслам нæауади.Хæс- ты уæззау цæф фæуæвгæнæ, Омар-хан уайтагъддæр Гандзайы амарди. Джонгатайы сæр баппæрстой пад- дзах Георгийы къæхты бынмæ. Паддзахы фырт Алык- сандыр та Дагестанмæ алыгъди æмæ уым хæхты бам- бæхсти». Ууыл фæци. — Æмæ хъама та? — фæхъæр кодта чидæр. — Багъæцут! — дзуяпп радта Леуан. Уый къæлæтджыныл дзæбæхдæр æрбадти æмæ дарддæр дзырдта: — Хъама æз афтæ бирæ бауарзтон, æмæ йæ æп- пынæдзух дæр мæ астæуыл дардтон. Зындзинады-иу куы бахаудтæн, уæд кæддæриддæр мæ цæстытыл Лалиашвили Леуаны сурæт уади, æмæ мæ уый ра- зæнгард кодта тохы уæлахизмæ. Иухатт нæ подразделенийæн лæвæрд æрцыд бар- дзырд — æхсæвы знаджы чъылдыммæ баирвæзын, знаг цы иункт байста, уый алыварс æртыхсын æмæ 326
йын фæстæмæ аздæхæн куыннæуал уа, иумæйаг ата- кæны рæстæджы йын йæ фæндаг афтæ алыг кæнын. Полчъы къамандир мæм фæсидти, хæс цæй мидæг ис/уый мын бамбарын кодта æмæ загъта, цалынмæ иумæпаг бырст райдайа, уæдмæ куыд нæ схæцæм, афтæ, цæмæй нæ цæф знагæн уа æнæнхъæлæджы хъуыддаг. Къамандирæй куы æрбаздæхтæн, уæд мæ æх- хуысгæнæгмæ фæдзырдтон. «Миронов, дæхи цæттæ кæн. Знаджы нæ ныццæ- вын бахъæудзæн!» «Кæд цæвæм—уæд цæвæгау»,—загъта уый хæрз хуымæтæгхуызы, цыма йæ ахсджиаг хæст’он хъуыд- даг лыг кæнынмæ нæ, фæлæ мæнæргъы тонынмæ цæуын хъуыд, уыйау. Подразделени бацæттæгæнгæйæ æмæ раздæр сгар- джытæ арвитгæйæ, бырсын райдыдтам. Куыд гæнæн уыд, афтæ æппæт мадзæлттæй дæр хи хъахъхъæнгæйæ, уырдыджы æруадыстæм æмæ нæ ных дæрддаг хъæдмæ сарæзтам. Хъавгæ, æнæсыбырт- тæй æвæд миты цыдыстæм. Хъæды æдде нæ хъуыди æрхмæ ныххизын. «Хорз уаид, адаг фæуадзгæйæ хъæд-хъæд куы ацæуиккам, уæд»,—сусæгæй мæм æрбадзырдта Миро- нов. /Бцæгдæр нын æрхы фыдбылызы бахауынæй тæс- саг уыди. Мах уыдыстæм хæсты раззаг хаххыл. Нæхи нæ уæлдай тынгдæр ам хъуыди хъахъхъæнын. Зонгæ дæр æй нæ бакодтаиккам, знаджы сгарджытæ ныл куыд амбæлдаиккой, уый. Æмæ уæд нæ хъуыддаг хорз нæ рауадаид. Не ’ппæт дæр уын хорз æмбæрс- там. Æрхы был тынг бирæ фæцыдыстæм æмæ боны- цъæхтæм, ничи нæ федта, афтæмæй зпаджы чъылдым- мæ бахæццæ стæм. Æмбисæхсæв мын сгарджытæ фехъусын кодтой, зæронд куыроймæ хæстæг стæм, зæгъгæ. Атакæйы рæстæг нæ артиллери уыцы бынат хъуа- мæ ма æхстаид, — афтæ уыди штабы уынаффæ. Æз сгарджыты рапортимæ хицаумæ арвыстон. Не ’ппæт дæр уыдыстæм фæлмæцыд æмæ кæд тынг 327
уазал уыди, уæддæр нæ хид лæсæнтæ кодта. Æфсæд- донты хъуыди сæ фæллад суадзын. Æз мæ адæмы къутæрты æхсæн æрæмбæхсын кодтон æмæ хъахъ- хъæнджытæ æрæвæрдтон. Мæхæдæг Мироновы мемæ айстон æмæ разведкæйы ацыдтæн. Кæм æрбынат кодтам, уый алывæрсты куы æрзыл- дыстæм, уæд нæ фæллад ауадзæм, зæгъгæ, пыхсджын тулдзы рæбын æрбадтыстæм. Бæстыл иу сыбыртт ни- куыцæй хъуысти. Уазал дымгæ кодта, нæ уымæл дзау- мæттæ нæ уæлæ салдысты, тынг баргъæвстыстæм. Ми- ронов нæ алыварс йæ цæст ахаста, йæ дзыппы махор- кæйы муртæ æрæмбырд кодта, йæ армытъæпæны сæ аууæрста, стæй сæ фæстæмæ йæ дзыппы ныккалдта æмæ арф ныуулæфыд. «Цæуыл улæфтытæ кæныс? Дæ ус дæ зæрдыл æр- лæууыди?» — хъазгæйæ йæ афарстон æз. Миронов æнæдзургæйæ йе ’нгуылдз йæ былтыл авæрдта. Мах байхъуыстам. Дард кæцæйдæр куыдзы рæйын ссыди. Мах ныхъхъус стæм. Рæйын цыди дæрддаг хъæ- уæй. Диссаг та куыннæ у, уыцы æхсæв куыдзы рæй- дæй куыддæр фæныфсджындæр дæн, мæ зæрдæ æрса- бырдæр, цæрын мæм æрцыди... Мироновы разведкæ- йы арвыстон, мæ подразделенийæн та загътон, сæхи æмбæхстæй куыд дарой, афтæ. Æз иу-дæс къахдзæфы -размæ акодтон, зæронд тулдзы бындзæфхады аууон æрæмбæхстæн æмæ афтæ иуцасдæр фæдæн. Сæуæхсиды тæлм арвыл гæзæмæ зынын байдыдта. Уазал фæтыхджындæр. Талынг куы фæкъаддæр, уæд Кавказы хæхты урс рæдзæгъдтæ сзындысты. Æвиппайды фесхъиудтон. Мæ тæккæ рæзты адæй- маг æруад æмæ гыццыл дæлдæр æрлæууыд. Дыууæйæ та æрхмæ’ныххызтысты æмæ Мироновы фæдыл бафтыдысты. «Федтой нæ, нæ фæдыл зилынц», — ахъуыды код- тон æз. Мæнæн мæ улæфт нал хъуыст. Фехстаин сæ, фæ- лæ уæд нæ хъуыддаг бынтондæр хæлди. Дамбаца йæ хуымпъыры атъыстон, æмæ хъама мæ зæрдыл æрба- лæууыд. Иæ кæрддзæмæй йæ фелвæстон æмæ бæласы 328
зæнгмæ мæхи нылхъывтон. Знаджы салдæттытæй иу мæнырдæм æрбацæйцыд. Уæдæ ме ’фсæддонтæй куы ничи ф^ехсид, зæгъгæ, немыцагæн йæ размæ рацыдтæл. Йæ да’мбацайы дзых раст мæ зæрдæсæрмæ мæ цине- лы цæппæрыл фæхæцыд. Фæлæ æз цырддæр разынд- тæн. Мæ хъама уæлдæфы дард фæхастон, æмæ лæг хъыпп-сыпп скæнын дæр нал сфæрæзта, афтæмæй ми- тыл æрхауд. «Карл!» — æрбайхъуысти кæйдæр мынæг хъæлæс. Фæлæ уайтагъд фæсыкк, цыма йæ исчи хурх фæ- кодта, уыйау. Æрхæй сыхъуыст дæргъвæтин хъæрзт, æмæ уайтагъддæр сармадзанты гуыр-гуыры бын фæци. Æрбарухс. Махонтæ бырсын райдыдтой; знаджы салдæттæ æнæсæрфатæй здæхтысты фæстæрдæм. Мах æнæнхъæлæджы цæфæйзнаджы хæйттæ алыр- дæмыты фæпырх сты æмæ Кавказы хæхты æнæбын дæлджинæджы фесæфтысты. Леуан йæ ныхас фæци. Иу минут æнæдзургæйæ алæууыд, стæй æппæты райдианы цы тыхтоны кой кодтам, уый йæ дзыппæй систа, райхæлдта, йæ æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Уый уыди Лалиашвили Леуаны хъама. Р1æ хъæд пылыстæгæй, йæ кæрддзæм рæсугъд, сызгъæрин ныв- æфтыдтимæ. Къæдзтæ-мæдзтæ сызгъæрин нывæф- тыдтæ кæм баиу сты, уым сæ рауад æртæсыфоны къæ- лæсытæ ныв; æртæсыфоны алы зæнгыл дæр ахæм сыф- тæ уыди цыппæргæйттæ — уыдон уыдысты амонды нысан. ГÆРЗАРМ ИОНА Æрхæццæ сты октябры фæстаг бонтæ. Сындæггай бæстæйыл йæхи æруагъта фæззæг æмæ йемæ æрхаста бирæ алыхуызон лæвæрттæ. Таучел, бæркадджын фы- сымау, рæвдаугæ йæ мидбылты худти адæммæ. Стæй уазал кæнын дæр райдыдта. Бæлæстæ æмæ- иу кæрдæг райсомæй халасæй сурс сты. Къæдзæхы рæбын цы хъæу æрныгъуылди, уый хуры тынтæй æв« зистау æрттывта. Фæззæг бахызт Лацабидзе Ионайы кæртмæ дæр. Стыр хæдзары алы хъæлæстæй гуыр-гуыр кодта 329
• цæнгæт пец. Æрхуы агæй калдис цæхджын фыды хæр- зад тæф. Хæдзары хицау, Иона, бадтй пецы фарсмае æмæ артмæ йæ къухтæ дардта; Ионайæн уыйас уазал нæ уыдис, афтæ йын гуыр-гуыргæнаг арты тæвд æхсыз- гон уыд, æндæр. Базæронд ис Иона. Царды бирæ зындзинæдтæ кæй бавзæрста, уый бæрæг у йæ урс-урсид рихитæй æмæ йæ цæсгомы арф æнцъылдтæй, ноджы ма йæ цæсты- тыл мигъау цы æнкъарддзинад бады, уымæй дæр. Фæ- лæ уæддæр царды зындзинæдтæ нæ фесæфтой, йæ цæсгом ын цы мидбылхудт рухс кæны, уый. Ионайы маст бадомдта. Йæ иунæг фырт фæмарди Фыдыбæстæйы хæсты фæстаг бонты, рейхстаджы сæр- мæ сырх тырыса куы фæйлыдта æмæ хæсты фесæфы- нæй тас куынæуал уыди, уæд. Уыцы æнамонд хабар фæцудын кодта, æнæхъæн зылды дæр хъуыстгондчи уыдис, уыцы гæрзарм Ионайы. Уæдæй нырмæ рацыд æхсæз азы, фæлæ зæронды зæрдæмæ рухсы цъыртт нал бакаст. Бирæ цы хъуыд- даг уарзта, уымæ дæр йæ зæрдæ нал ради, ныхъ- хъуыдты уагъта йæ куыст, йæхи-иу срынчын кодта æмæ-иу къуыригæйттæ йæ хæдзарæй æддæмæ нæ ра- каст. Колхозонтæ сагъæсы бацыдысты: Ионайы хуызæн кусæг лæг се ’хсæн куынæуал уа, уæд уый хъазыны хъуыддаг нæу. Зæронд Ионайы иууылдæр зыдтой растзæрдæ æмæ куыстуарзаг адæймагæй. Иона иу-дыууиссæдз азы размæ ныууагъта йæ райгуырæн бæстæ Рацъы хæхты æмæ ам æрцарди. Тагъд рæстæгмæ йæ иууылдæр базыдтой хорз пълот- ник æмæ хъæдгуыстгæнæгæй. Иона дæсны уыди балкъонты гæзæнхъæдтыл, асин- ты фæрстыл, рудзгуыты рамкæтыл æмæ дуæрттыл алыхуызон хызгонд нывæфтыдтæ кæнынмæ. Йе’сконд нывæфтыд цартæм адæймаг кæсынæй не ’фсæсти. Бирæ галуантæ æмæ рæсугъд залтæ сфæлгонц код- та йæ цæргæ-цæрæнбонты Иона. Нæ бæстæйы алы ран дæр фенæн уыд’ йе ’сконд дзаумæттæн. Йæ дæсныйа- дыл бирæ фæсивæд сахуыр кодта зæронд Иона, раст фæндагыл сæ сæвæрдта. Фæлæ дзы йæхи фырт Илья- 530
йæ курдиатджындæр, æрхъуыдымæ рæвдз æмæ арæхстджындæр ничи уыдис. Æмæ Ионайы тынгдæр уый мардта. " — Мæнгæй нæ акæнынц: дæ бындур фехæла. Уыи мах тыххæй загътой, мах, — дзырдта Иона йе ’фсин Нинойæн. Æмæ цыма йæ къайæн ныфс æвæрдта, уы- йау йæ афтид кæрты бон-изæрмæ истытæ архайдта: куы сарайы пыхсытæ саста, куы уыцы зæрдиагæй ис- куы къуымы йæ кард цыргъ кодта, куы та-иуйææр- мадзмæ бацыд æмæ, истæуыл æрбадгæйæ, бирæ рæс- тæг уæлвæйнæджытæм фæкасти. Уæлвæйнæджыты та рæнхъ-рæнхъ лæууыдысты, кæддæр æрттывдтытæ цы кусæндзаумæттæ калдтой, уыдон; ныр сыл згæ схæцыд. Æрмæст-иу искуы-иу хатт æрлæууыдысты уыдон зæронд лæджы зæрдыл; куы-иу æрлæууыдысты, уæддæр хæрз цыбыр рæстæг- мæ: куыдфæндыйы цæстæй сæм-иу бакаст, кæнæ сæ-иу йæ къухтæм райста, стæй сæ-иу сæ бынæтты цæвæрд- та, иннæрдæм-иу азылд æмæ ацыди... Нинойæн дæр йæ зæрдæ хæлди йæ иунæг фыртыл, йæ лæджы æгуыдзæгдзинад та йæ бынтондæр мардта. Нино дæр царды бирæ зындзинæдтæ федта. Гъе уы- мæ гæсгæ хорз æмбæрста йæ лæджы маст: Ионайæн иуæй фырт нал уыдис, иннæмæй та, йæ зæрдæ кæ- уыл дардта, ахæм ахуыргæнинаг... Фæлæ уæддæр Ни- но йæхинымæр йæ лæгмæ азым хаста æмæ йæ бинон- тыл цы бæллæх æрцыд, уый фæстæ афтæ тынг йæхи- мæ кæй æрыхъуыста, уый нымадта дыккаг æнамонд- дзинадыл. Зæронд Ионайæн ма баззад иунæг зæрдæдарæн: йæ фыртыфырт Уча. Зæронд ыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд. Фæлæ уый хъуыддаг дæр, йæхи куыд фæн- дыд, афтæ нæ рауад. Учайыл цыппæрдæс азы куы сæх- хæст ис, уæд æй колхоз Калачы ремесленон скъолатæй иумæ арвитыны фæнд скодта. Уыцы хабар Ионайæн хъыг уыди, рагæй дæр цы хъуыддагыл гуырысхо код- та, уый йæ ныр уырнын байдыдта. Æвæццæгæн æмæ сæ нал хъæуын... Æндæр мæхицæй хуыздæр чи сахуыр кæнид лæппуйы исты дæсныдзинадыл! — хъуыды кодта гæрзарм Иона. йæ 331
чындзмæ смæсты, лæппуйы горæтмæ ахуыр кæнынмæ арвитыныл кæй сразы ис, уый тыххæй. Уча горæтмæ куы ацыд, уæд Ионамæ йæ хæдзар хастау фæкасти. Нал дзы хъуысти лæппуйы зыланг- гæнаг хъæлæс, нал æм-иу рауад æмæ йыл нал ацинтæ кодта... Иона æнкъард кодта. Балкъоны къуымы-иу сбадт æмæ гæзæнхъæдыл æрæнцойгæнгæйæ бирæ фæкасти Кавказы митсæр хæхтæм, фæззыгон хъулон-мулон хъæдмæ, фæндагмæ. Фæндагыл цæуæг нæ уыд, æр- мæст дзы-иу узгæ-узын фæзынди мæстыхуыз уасæг, кæнæ та йæ къæдзил тилгæ искæйы куыдз. Касти Иона æмæ хъуыды кодта, афæдзы афонтæм гæсгæ хъæу йæ хуыз куыд ивы, цард размæ куыд цæуы æмæ алцыдæр гъе ахæм даргъ фæндагыл размæ куыд тындзы, ууыл. Уалдзæджы ам хъуыстис тракторты гуыв-гуыв æмæ тауæнты дзыгъал-мыгъул, гутæтты æфсæнтæ æрттывдтытæ калдтой. Сæрддæргъы дыууæрдæм код- той хорæй дзаг машинæтæ. Фæззæг фæндæгтыл уыди бирæ адæм, хъæуты бæрæгбæтты заман куыд вæй- йы, афтæ. Ныртæккæ хъæу æмызмæлд кæны. Æнæкæрон- скъуыдæй адаргъ сты машинæтæ æмæ уæрдæттæ. Уы- дон ласынц сæнæфсиры чыргъæдтæ. Хъустæ гуыв- гуыв кæнынц, сæ кæрон кæмæн нæ зыны, уыцы фысы дзугты къæхты хъæр æмæ уасынæй. Фосы скъæрынц зымæгон хизæнуæттæм. Сæнæфсиртæ ныддымстысты адджын донæй. Ног сæны тæф фындзы хуынчъытæ хъыдзы кæны. Сæн ныккодтой, æрдæджы онг зæххы цы стыр дурынтæ ныгæд ис, уыдоны. Иæ тæф, хурмæ цы алтъамитæ æмæ чучхелтæ хус кæнынц, уыдоны дзæбæх тæфимæ схæццæ. Хъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц уаз- джытæм. Цалдæр кусæрттаджы сарамæ фæласынц. Фиййæуттæн бафæдзæхстой, хъæды-иу уæхстытæн уистæ ракæнут, зæгъгæ. Бубнæйы æмыр цагъд æмæ зурнайы дыв-дывгæнаг уаст схæццæ сты чындзæхсæ- вы къæрцц-æмдзæгъд, хъæлдзæг зарджытимæ. Фæлæ хортæ æмæ халсартæ æфснайд фесты. Фæн- дагыл змæлæг нал ис. Æрмæст ма йыл хатгай искуы- 332
иу адæймаг фæзыны кæнæ йыл исчи хъинцгæнаг хо- ры уæрдоныл куыроймæ фæцæйцæуы. Уазал фæззы- гон дымгæ футтытæгæнгæ рыгтæ здухы. Æнкъард, æнæдзургæйæ бады Иона сæ тыргъы æмæ йæ алывæрстæм кæсы. Фæззыгон хур ын йæ зæ- ронд стджытæ бандæвта. Афтæ зыны, цыма рæдзæ- мæдзæ кæны. Кæрдо бæласæй дымгæ бур-бурид сыф ратыдта, уæлдæфы йæ тыргъы рæзты æрбахаста æмæ зæронды ныхыл аныдзæвд. . Иона фестъæлфыд сыфтæры андзæвдæй æмæ сыфы фæстæ акасти. Сыф фæндагыл æрхауди, цалдæр хат- ты фæфæлдæхт, стæй йæ дымгæ æвиппайды фæс- тæмæ фелвæста æмæ йæ рыгтимæ ноджы дарддæр ахаста. — Уыдис æмæ нал ис, — æнкъардæй йæ мидбылты бахудт Иона æмæ йæ цæстæнгас, кæрты цы кæрдо бæлас уыд, уымæ аздæхта. Кæддæр раджы уыцы бæлас Рионы былæй æрлас- та æмæ йæ ам, Алазаны хъæздыг зæххы, ныссагъта. Иона куыд нымадта, афтæмæй уыцы бæлас йæ фырты карæн уыд... Зæронд лæг арф ныуулæфыд, сындæггай сыстад æмæ хæдзармæ бараст. Уаты ничи уыд. Æрмæстдæр пецы арт гъæйттæй сыгъди. Иона фæдис кодта. Уыцы уаты стæм хатт йед- тæмæ арт нæ кодтой: кæнæ бæрæгбæтты, кæнæ сæм-иу уазджытæ куы уыдис, уæд. Иона пецы раз æрбадти. Стыр уат абон æнахуыр дзæбæх æфснайд уыди. Къуымы — Уча-иу цы стъо- лыл архайдта, уый. Зæронд бакасти рæсугъд рамкæ- йы мидæг йæ фырты нывмæ. «Диссаг, цымæ Кетеван кæм и, цæмæ йæхи афтæ цæттæ кæна?» — ахъуыды кодта зæронд. Уча горæтмæ цы бон ацыди, уæдæй фæстæмæ Иона йæ чындзæй разы нал уыд. Фæлæ уæддæр зæрдæйæ уыцы æвæллайгæ, фæллойуарзаг сылгоймаджы бирæ уарзта. Ионамæ йае фырты æнамонд хабар куы сыхъуысти æмæ кусынæн куынæуал сси, уæдæй фæстæмæ бинон- ты мæт Кетеваныл æрæнцад. Йæхиуыл нæ ауæрста, 4 333
архайдта, цæмæй сæ хæдзар ма фæцуда, куыд уыд, афтæ мыды къусы хуызæнæй баззайа. Æрыгонæй идæдз уæвгæйæ, Кетеван лæгау куыста колхозы хуымты, стæй сæхи цæхæрадоны дæр. йæ мæт, йæ сагъæсуыди бинонтыл, йæ иунæг фырты схъо- мыл кæныныл. Куысты мидæг, хæдзары архайгæйæ йыл-иу куыд баизæр, уый фылдæр хатт фиппайгæ дæр нæ бакодта, нæ-иу базыдта, иу бон иннæйы куыд аив- та, уый. Зын ын уыди йæ фыртæй фæхицæн уæвын дæр. Фæлæ ахъуыды кодта æмæ йæ зындзинæдтæ ницæмæ- уал æрдардта, афтæмæй сразы ис йæ фырты ацыдыл. «Уадз, сахуыр кæна æмæ адæмы рæихъмæ ра- цæуа», — загъта йæхицæн æмæ йæ фырты афæнда- раст кодта. Кетеванмæ йæ хицау дæр тæригъæд каст — Иона æмæ Уча кæрæдзийы тынг бирæ уарзтой æмæ зынуы- дис уыдоны фæхицæн кæнын... Фæлæ Учайы фидæн Кетеванæн зынаргъдæр уыд. Уыдæттæ Иона йæхæдæг дæр хорз æмбæрста, фæ- лæ зæрдæ уый нæ зоны. Зын ын уыди йæ иунæг бын- дарæй фæхицæн уæвын æмæ алы æфсæнттæ агуырдта, цæмæй Уча ма ацыдаид, уый тыххæй. Ныр дæр та ар- ты фарсмæ бадгæйæ уыдæттæ йæ зæрдьтл æрлæууы- дысты... Æвиппайды йын йæ хъуыдытæ фескъуыдта цавæрдæр уынæр. Къухнайæ цыди кæйдæр ныхас. Ионайæн æм йæ зæрдæ фехсайдта. Сыстад æмæ сын- дæггай уатæй рацыд. Къухнайы дуар уыди гом. Мидæгæй ауыдта йæ ус æмæ йæ чындзы. Бæрæг уыди, хæдзары цæмæдæр сæхи кæй цæттæ кодтой, уый. Нино арыдта хъыбыл, Кетеван «арынджы уæлхъус хыссæимæ архайдта. Си- выры, аджы цæвæрын æввонг, уыди карчы мард. Стъо- лыл та — бæдултæ — тебæйыл фыцынмæ. Дурын къусйæтæккæ дзаг сырх пъамидортæй. Къуымы фæр- сæй-фæрстæм лæууыдысты нарæгхъуыр дурынтæ — æфсинтæ сæн дæр бацæттæ кодтой. «Цымæ цы хабар у?» — дисгæнгæйæ ахъуыды код- та Иона æмæ йæхи дуары тарвазыл бауагъта. Рагæй нал уыд йæ хæдзары ахæм змæлд. Ильяйы хабар куы сыхъуыст, уæдæй фæстæмæ се ’стыр уаты 334
уазджыты дæр куы никуал сбадын кодтой, уæд ныр цы æрцыди? Хæдзары хицау куы ницы зоны, уæд æфсинтæ цæуыл сцæрдæг сты? Зæронд Иона смæсты, сфæнд кодта искуыдæм ацæуын æмæ суанг изæрмæ мауал æрбаздæхын. «Цыфæнды дæр кæнæнт! Хæдзарæн ницыуал пайда дазн æмæ мæ ныр хæдзары хицауыл дæр нал ныма- йынц, фæрсгæ дæр мæ ницæмæй уал кæнынц»...—мæс- тыйæ ахъуыды кодта йæхинымæр æмæ тыргъмæ рацæй- пыд. Фæлæ та фæлæууыд, йæ хъустыл ныхас ауад: — Зæрондæн зæгъын хъуыд, уæддæр нæ бамбар- дзæн...—дзырдта Нино, арыд хъыбылы сивыры æвæр- гайæ. — Омæ Уча афтæ загъта, ма, дам, ын-иу æй схъæр кæнут. Мæхæдæг, дам, ын алцыдæр зæгъдзынæн. Ци- пы уацхæссæг йæхæдæг куыд фæуа, афтæ йæ фæнды. Се ’скъолайы директор зæрондæн йæ ахуыргæнинаг уыд. Уча йæ тынгдæр уый тыххæй хоны... Стæй, раст дыи куы зæгъон, уæд афтæ дæр ахъуыды кодтон,уаз- джытæ, зæгъын, куы нæ æрбауадза, — нæ йæ зоныс, 1 [льяпы фæстæ йæхимæ хъусыныл фæци, — йæхи рæс- тытæ кодта Кетеван. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ Ионайы зæрдæ йаёхи къултыл ныххоста. Йæ маст дзы уайтагъд æрбайрох. «Уæдæ Уча æрцæудзæн!» — сцин кодта лæг æмæ йæ къæхты хъæр куыннæ райхъуыса, -афтæ йæ къах- фындзтыл дуары разæй ацыди. Бирæ фæрацу-бацу кодта тыргъы иу къуымæй ин- пæ къуыммæ, фырцинæй ма цы акодтаид, уый нал зыдта. Фыццаг рафæнд кодта йæ æрмадзмæ ныццæ- уын æмæ йæ бафснайын, фæлæ асинтыл æрцæйхиз- гæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ дзаумæттæ аи- вын æмæ йæ йæхи адасын кæй хъæуы, уый. «Исчи уазджыты размæ афтæмæй цæуы?» Фæс- тæмæ раздæхт, йæ къахфындзтыл уатмæ бацыд, чыры- нæй систа сыгъдæг мидæггаг дзаума, йæ бæрæгбоны хæлаф æмæ хæдон æмæ йæ дзаумæттæ ивын рай- дыдта. Бирæ фæархайдта Иона уаты. Куыддæр йæ уагыл нæ уыд, йæ былтæ, йæ къухтæ зыр-зыр кодтой. Цæп- пæртæ сæхтæджыты нал цыдысты, рон æвзист æргъæ- 335
вæджы- аласын нал куымдта. Иона тыхсти, хъуыр- хъуыр кодта, фæлæ уæддæр йæ куыст нæ уагъта. Кæд афтæ цæрдæг уымæн сси Иона æмæ та цард- мæ йе ’ргом аздахынмæ хъавы? Фæлæ Иона ныртæккæ ууыл пæ хъуыды кодта. Уый фæндыди тагъддæр йæ дзаумæттæ скæнын æмæ йæ куыд ничи фена, афтæ хæдзарæй ацæуын. Хилдасæгмæ фæцæйцыд ныгъуылдтытæгæнгæ, куыд ничи йæ æрхъуыды кæна, афтæ, — нæ йæ фæн- дыд, исчи йæ бæрæгбон арæзтæй фена, уый. Алырдæмты ракæс-бакæсгæнгæйæ, Иона бахæц- цæи хъæуы хилдасæнмæ. Кæд сабат уыд, уæддæр дзы йæ амондæн ничи разынди. Къæбæлдзыгсæр, саурихи хилдасæг Алекси дисгæн- гæйæ бакаст зæронд лæгмæ. Уæвгæ дзы диссагæй дæр цы уыд, исты, миййаг, Иона хилдасæнмæ фыццаг хатт бацыди? Фæлæ уыцы хæрзарæзт, хæрзконд, сæрыстыр зæронд лæгæн базо- нæн нал уыд, — гæрзарм Ионайы афтæмæй рагæй нал федта. Иона иннæрдæм азылд æмæ къулыл цы домбæйт- тæ арæзт хъæбысæйхæцæджы ныв уыди, уымæ кæсæг йæхи скодта. Уыцы ныв хилдасæны къулыл рагæй ауыгъд у æмæ хилдасæг æдзух уый кой кæны. Иона дæр рагæй зоны уыцы бæзæрхыг сахъгуырды хабæрттæ—йæ райгуырд дæр æмæ йæ диссаджы хъуыд- дæгтæ дæр. Алекси афтæ дæр дзырдта, зæгъгæ, дам, йæ риуыл æнæхъæн поезды уæз дæр бауромы, фæ- лæ Ионайы ныртæккæ уый мæт нæ уыд, афтæ йæм æнæуи касти, цæмæй йын цымыдис хилдасæг йæ уа- вæр ма бафиппайа, уый тыххæй. Алекси йæ бамбæрста. йæ цæсгомыл фæзынд уæз- дан мидбылхудт. Кæддæр сæрак хуыд цы къæлæт- джыныл уыд, уый рыгтæ ацагъта æмæ Ионайы сба- дын кодта. Æфсинтæ куыстытыл фесты, æмæ раздæр Ионайы ацыд хъуыды дæр не ’ркодтой; фæлæ стæй Кетеван стыхст, цы фæуыдаид, зæгъгæ, æмæ йæм сыхæгты лæппуйы агурæг арвыста. 336
Лæппу уайтагъд фæстæмæ фæзылд æмæ сын фе- хъусын кодта, Иона хилдасæны ис, зæгъгæ. Æфсинтæ кæрæдзимæ бакастысты. ...Иона хилдасæнæй куы æрбацæй здæхт æмæ сæ- лимæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æм фæндаджы фæзилæнæй машинæйы уасын æрбайхъуыст. Зæронд йæ цыдыл бафтыдта, сæ кæртмæ бацыд, кæрты дуар байгом кодта æмæ, йæ сины сæртыл æр- хæцгæйæ, тарвазы цур æрлæууыд. Сабыргай мидæмæ бацыд рыгæйдзаг «Победæ». Æппæты фыццаг машинæйæ рагæпп кодта Уча. Йæ фыдыфыдмæ бауад æмæ йыл ныттыхст. Зæронд фыр- цинæй йæ цæстытæ доны разылдта. Сылгоймæгтæ асинтыл кæртмæ æрызгъордтой æмæ ног формæджын лæппуйы сæ хъæбысты ныккодтой. Уча йæхи дардта æцæг лæгау, хиуылхæцгæ худт код- та йæ мад æмæ йæ фыдымадмæ. Кетеван йæ уарзон хъæбулы æлхъывта йæ риумæ. Зæронд Нино та сусæгæй йæ сæрбæттæны кæронæй йæ цæссыгтæ сæрфта. — Цы кæныс, ,мамæ? Суадз мæ, худинаг у! Фæл- тау уазджытæм фæкæс!—бæзджын хъæлæсæй дзырд- та Уча æмæ йын йæ-мад кæм апъа кодта, уыцы рус асæрфта. Машинæйæ рахызтысты дыууæ æнæзонгæ адæй- маджы. Уча йæ фыдыфыдæн аивæй бамбарын кодта: — Уæртæ бæрзонддæр не ’скъолайы директор у — Уридиа Леуан, иннæ та нæ фæскомцæдисон организа- цийы секретарь — Хизанишвили. — Нал мæ базыдтай, Иона? — бафарста мидбыл- худгæйæ бæрзонддæр лæг. Иона йын йæ цæсгоммæ бакаст. Бирæ йæм фæкаст, цыдæртæ мысгæйæ. — Нæ, нал дæ зонын, мæ хур! — фефсæрмы ис зæронд. — Рионгэс куы арæзтам, уыцы рæстæг дæ ферох ис? — йæ зæрдыл ын æрлæууын кодта уазæг. — Леуан, мæ зынаргъ! — фæхъæр кодта Иона æмæ пæ кæддæры ахуыргæнинаджы йæ хъæбысы ныккодта. 22 Райдзаст Гуырдзыстон 337
Уазджыты хæдзармæ ахуыдтой. Æрбацыдысты сыхæгтæ æмæ уазджытæн сæ къухтæ райстой. Цалын- мæ фысымтæ фынг цæттæ кодтой, уæдмæ сæ ныхæс- тæй ирхæфстой. Леуан Ионайæн йæ хаСæрттæ фæдзырдта: Рионгэ- сы арæзтады фæстæ йæ фæскомцæдисон организаци ахуыр кæнынмæ куыд арвыста райдиан скъоламæ, стæй хистæр скъоламæ куыд бацыд, Фыдыбæстæйы хæсты заманы куыд хæцыд, æфсады фæстæ скъолайы директорæй кусын куыд райдыдта. Æмæ уыцы азты дæргъы æдзухдæр куьтд мысыд йæ фыццаг ахуыргæ- нæг гæрзарм Ионайы. Хизанишвили æппæлыд Учайæ, æнæзивæг, акти- вон, растзæрдæ æмæ фæллой уарзаг кæй уыд, уый тыххæй. Учайæн йæ ахуыр хорз цыди. — Р1æ фыды хуызæн у! — загъта Иона. йæ хъæ- лæсыуаджы уыд æнкъарддзинад дæр æмæ сæрыстыр- дзинад дæр. Афтæ’ сыл, балкъоны дзæбæх ныхæстæ кæнгæ- йæ, æризæр. Фысьгмтæ уаеджыты фынгтыл æр- бадын кодтой. Уча иу заман зæрондмæ иуварс фæ- дзырдта: — Дада, куыдтæ мын цæрыс? Куыд сты дæ хъуыд- дæгтæ? — фæлмæн хъæлæсыуагæй бафарста лæппу йæ фыдыфыды. — Мæ цард дæр ма цард у, мæ хур. Фæрсгæдæр мæ дзы мауал кæн, — æнкъардæй дзуапп радта Иона. Уча зæронды уæхскыл йæ къух рæвдаугæ æр- уагъта. — Дада, ныртæккæ йæ базондзынæн, уарзыс ма мæ æви нæ, уый? — Цытæ дзурыс, мæ хур, ницы дын æмбарын, — загъта Иона, фæлæ бæрæг уыд, лæппуйы ныхас æй базонын кæй фæнды, уый. — Нæ директор дæ иу хъуыддаг куры. Бакæндзы- нæ йæ, дада? — Цавæр хъуыддаг? — бафарста Иона. — Бакæндзынæ йæ, зæгъ уал, — загъта та Уча. — Цавæр хъуыддаг у, дзурæн ын нæй? —мæсты кæнын райдыдта зæронд. 338
Кæй йæ бакæндзынæ, уый тыххæй ард бахæр,— нал æмæ йæ нал уагъта Уча. Иона æмæ Уча лæууыдысты балкъоныл. Фæззыгон æхсæвы æнцойдзинад хæлдта, хатгай-иу цы дымгæ æрбадымдта, уый. Хæдзары ’раз сидзæрæй ратас-ба- тас кодта кæрдо бæлас. Иона бæласмæ бакаст. Ногæй та Илья йæ зæрдыл æрбалæууыд. йæ цæстæнгас аз- дæхта лæппумæ. Йæ разы лæууыди Илья... Уча Илья- йы цæрмыстыгъд бакодта! — Хорз, мæ хур! Дæу тыххæй æз алцыдæр бакæн- дзынæн, — загъта йын сабырæй Иона. Уча фырцинæй йæ дадайæн ныхъхъæбыс æмæ ныпъпъа кодта. Ионайæн та йæ зæрдæ суынгæг, уый азнæмбаргæ каст кодта йæ лæппумæ. — Цом, дада, ныр уазджытæм! — худти Уча. Бацыдысты уатмæ. Иона куыддæр йæ чемы нæ уыди, фæлæ лæппуйы цинæйдзаг цæстытæ æрттывд- тытæ калдтой. Уазджытæ дзаг фынджы уæлхъус ра- бадтысты. Бацайдагъ сыл ныхас, райдыдтой зарын. Леуан Учамæ бакаст æмæ йæ мидбылты бахудт: уыдон кæрæдзийы хорз æмбæрстой. Стæй Леуан сæны нуазæн систа æмæ Ионамæ бадзырдта: — Абон лæ цыды сæр цæуыл уыд, уый дын зæгъон. Нæ зæрды стыр хъуыддаг æрæфтыд, нæ зынаргъ Ио- на! Нæ фæсивæды хъæуы фæлтæрдджын ахуыргæн- джытæ. Æмæ сфæнд кодтам дæу немæ аласын. Уча нæ бафтыдта уыцы хъуыдыйыл. Гъе афтæ, нæ зы- наргъ ахуыргæнæг, дæ хæс у — фæсивæдæн дæ фæл- тæрддзинад, дæ зонындзинæдтæ раттын. Мах та дын дæ зæрдæйы рис фæкъаддæр кæныныл бацархайдзы- стæм. Нæ фæсивæд дæ сæ фыдау уарздзысты. Леуан йæ ныхас фæци. Уазджыты зæрдæтæм уы- цы фæлмæн, зæрдæбын ныхæстæ тынг фæцыдысты. йæ сæр дæлæмæ æруагъта, афтæмæй æнæзмæл- гæйæ бадти Иона. Æрмæст-иу йе ’уæхсчытæ фестъæл- фæгау кодтой. — Исты нын зæгъ, нæ ахуыргæнæг! — бахатыд» æм Хизанишвили. Иууылдæр ныхъхъус сты. Суанг ма дымгæйы къуыззитт дæр нал хъуысти, цыма искуыдæм фæ- лыгъд, уыйау. 339
Иона йæ сæрыл схæцыд, сыстад. Йæ цæсгомыл фæ- зындарфæйы мидбылхудт. Йæ цæстытæ цины цæхæр- тæ скалдтой. Ныр гуыбыр, зæрондхуыз нал уыд. Уаз- джыты раз, аууонау-иу хæдзары къуымты чи хъел- лау кодта, уыцы Иона нæ лæууыди, фæлæ фыццаджы гæрзарм Иона... Уый лæппулæгау касти йæ уазджы- тæм. — Мæхи Учайæн зæрдæ бавæрдтон, æмæ зæронд лæгæн йæ дзырд сайын нæ фидауы. Æз разы дæн. Суанг бонмæ фæбадтысты уазджытæ дзаг фынгты уæлхъус. Дыккаг бон æгас хъæу афæндараст кодтой зæронд Ионайы. Уынгты та даргъ санчъехтæ кæнгæйæ, алы хъæз- дыгдзинæдтæй йедзаг, афтæмæй цыди фæззæг. Цы- ма йæ бæрæчетæй йæ зæрдæ рухс кодта, уыйау, тау- чел, бæркадджын фысымау, йæ мидбылты худти ада^ммæ.
Киачели Лео СИДТ Калачы æфсæнвæндаджы депойы забастовкæ ныр цыди фæндзæм бон. Уый райдыдта 1905 азы исто- рион иумæйаг забастовкæйæ æмæ æдгæрзтæ сыста- дæй цалдæр мæйы размæ æмæ йын уыди бæлвырд бæрæг политикон мидис. Революцион тохы уылæнтæ тынгæй-тынгдæр куы фæйлыдтой, уæд-иу æдзух куыд уыд, афтæ ацы хатт дæр кусджытæ домдтой канд царды уавæртæ фæхуыз- дæр кæнын нæ, фæлæ ма парахат демократон бартæ райсын дæр. Забастовкæ фæскавказы æфсæнвæндæгты куыст куы баурома, уымæй тæссаг уыд. Гъе уымæ гæсгæ хицауад сарæзта уæлдай карз мадзæлттæ. Депойы администрацийæн хæсгонд æрцыд, цæмæй цыфæнды- йæ дæр бахъахъхъæной сæйраг мастерскойты куыст. Депойы хицæуттæ архайын байдыдтой фæлвæрд мадзæлттæй: куыстмæ истой штрейкбрехерты1. Забастовкæгæнджытæ тынг хорз зыдтой, ног кус- джытæн сæ сæргъы дыууæ-æртæ зæронд кусæджы куы нæ уа, уæд цехы вазыгджын куыстытæм кæй нæ са- рæхсдзысты, уый. Революци кæд тынгæй-тынгдæр кодта, уæддæр депойы уыди дыууæрдæмгæнджытæ, тæппудтæ, æнæмбаргæтæ: администрацийæн йæ бон уыд уыдоны йæхирдæм æрбакæнын — кæй тæрсын кæ- 1 Ш т р е й к б р е х е р т æ — забастовкæ халджытæ, капи- талистон куыстады забастовкæйы рæстæг пæ куыст чи нæ ныууа- дзы, кусдж’ыты хъуыддагыл гадзрахатæй чи цæуы, уыдон. 341
ныны, кæй зæрдæ балхæныны, кæй та æндæр ма- дзæлтты руаджы. Уавæр ма зындæр кодта уымæй дæр, æмæ забас- товкæгæнджыты бинонтæн забастовкæйы комитет цы æхцатæ æрæмбырд кодта, уыдон фæуынмæ хъавы- дысты. Царды уавæртæ фæзындæр сты æмæ уымæи æнæ фæзынгæ нæ уыди дыууæрдæмгæнæг æмæ æнæмбаргæдæр кусджытыл. Фæстаг дыууæ боны штрейкбрехерты ныхмæ тох цæуы уæлдай хъазуатдæрæй, æнауæрдондæрæй. Кус- джытæ сфæнд кодтой депомæ иу штрейкбрехеры дæр не ’рбауадзын; фæлæ, миййаг, куы баирвæзой цех- тæм, уæд та сæ станокты уæлхъусæй фæсурын. Хицауады дзырдмæ гæсгæ хъазахъхъы отрядтæ æмæ бæхджын пъæлицæ æрæхгæдтой депомæ бацæ- уæнтæ. Æфсæдтæн бафæдзæхстой, цæмæй тæрой кус- джыты къордты, штрейкбрехертæм сæ цæст чи дардта æмæ ахста, уыцы кусджыты. Забастовкæйы фæндзæм боны райсом хорз рæс- тæг скодта. Уыдис æрæгвæззæг. Бæхджын хъазахъ- хъæгтæ сæ нымæттæ раппæрстой, афтæмæй ма ноджы- дæр иу зылд æркодтой, фæрсаг хъæу Надзаладевийы- рдыгæй депомæ цы сæйраг уынг æрбацыд, ууыл, стæй хæстæгдæр цæхгæрмæ уынгты æрцахстой сæ амынд бынæттæ. Кусджытæ кæм цардысты, уыцы хъæу Надзала- деви депомæ хæстæг уыд, уæрæх фæндаджы æдде. Æнæпълан æвæрд хæдзæртты цыма æппындæр цæ- рæг нæ уыди, цьгма се ’тшæт дæр хасты фесты, уыйау сыбыртт никуыцæй хъуыст. Уалынмæ бæстæ хъахъ- хъæнджыты бæхты къæхты хъæрæй байдзаг, цыма хæдзæртты сæртæ æмæ армытъæпæныйас рудзгуы- тæ знаг дзæбугæй хоста. Куыддæр фæстаг бæхджын хъахъхъæнæг фæау- уон, афтæ уæрæх уынгмæ цы цæхгæрмæ уынгтæ цыд, уыдонæй иуы фæзынд бæрзонд лæг, сау къурткæ йыл, йæ къæхтыл уæззау, стыр цырыхъхъытæ. Уый хъавгæ æрцæйцыд змисбын къахвæндагыл, фæлæ уæд- дæр йæ къæхты хъæр дзæбæх хъуыст, æмæ йæ’уыцы уынæр тыхсын кодта. 342
Й*æ фæтæнуадул цæсгом зачъеты бын фæци. Йæ хурмæивд уæлдзарм худ суанг йæ фындзыхъæлмæ æруагъта æмæ куырмау цыдæр æнахуыр хъуызгæ цыд кодта каурæбынты. Уæззау уаргъау хаста йæ бæ- зæрхыг, фæтæн уæхсчытæ. Къуыбырæй уынгмæ куы æрхызт, уæд тигъыл æрлæууыд. Йæ галиу къух цыма хуыскъ уыди, уыйау ауытъдæй лæууыд; йæ дыс къуыпп дардта. Лæг аивæй æркаст йæ дысмæ æмæ йыл куыд ничи фæгуырысхо уа, афтæ йæ адзæбæхтæ кодта. Фæлæ разынд йæ къух, рæсы хъæдыл фидар хæцгæйæ. — Чысыл ма бахъæуа, мæ дыс мын ма аскъуы- на, æнæрай фæу, — бахъуыр-хъуыр кодта лæг æмæ йæ алыварс акаст. Иæ уæлдзарм худы бынæй ферттывтой йæ цырд- дзаст сау цæстытæ. Уый касти уæрæх уынджы фа- лемæ, депойы сæйраг корпусмæ. Цæстыфæныкъуылдмæ уынджы фаллаг фарсмæ бахызт. йæ бæрзонд салдаттаг цырыхъхъытæ код- той згъораг бæхы цæфхæдты хъæр. Уынджы фаллаг фарс куы фæцис, уæд, æвæццæ- гæн, йæхицæн ницæмæй уал тарст æмæ йæ цæсгом фæрухс, йæ цыд дæр фæсабырдæр кодта. Фæлæ куыддæр тигъыл базылд æмæ йе ’ргом де- помæ кæмæн уыд, уыцы хæдзары аууон фæцис, аф- тæ уæле кæцæйдæр райхъуыст æхситт. Æхситт иуцъусдуг йедтæмæ нæ ахаста, стæй фæ- сыкк. Сау къурткæджын лæг æваст йæ худ къæбутыр- дæм фесхуыста æмæ дисгæнгæйæ йæ цæст ахаста æхситты æнæзынгæ фæдыл. Уыцы фæд æй æрбакод- та хæстæгдæр хæдзæртты трубатæй иумæ. Кæсы æмæ цавæрдæр лæппу æгасæйдæр баныхæст трубайыл. Фæндаггон æй базыдта. — Р1æ фыды фæндæгтыл ацыд, хуыцауы æлгъыст! Фыдæй-фыртмæ сæ кæнон нæ уадзынц, — схъуыр- хъуыр кодта лæг æмæ йæ цæстытæ фырмæстæй туджы разылдысты; ныртæккæ лæппуйыл фæхæст, зæгъгæ, уæд æй æгасæй ницæй тыххæй ауадзид! Æхситт нал фехъуыст. Сисы цур зæххы — асинтæ къахт. Уыдон цæуынц чысыл æдзæрæг фæзмæ, уырдыгæй та къæдз-мæдз 343
къахвæндаг цæуы депойы корпустæй иумæ. Уыцы кор- пусы алыварс ис бæрзонд быру амад. Быру иу ран у хуын.къ. Уый Надзаладевийы хъæуы цæрджытæ скод- той, фæндаг фæцыбырдæр кæныны тыххæй !æмæ-иу депойæ куы рацыдысты, уæд ууылты бырыдь1сты. Сау къурткæджын лæг асиныл куыд æрцæйхызт, афтæ бынæй фæзы фæзынди сау къабаджын зæронд ус. йæ сæрыл сау кæлмæрзæн. Кæлмæрзæны бынæй зындысты æрмæст йæ дыууæ цæсты. Зæронд ус кодта тыхцыд, гуыбыр-гуыбыр, лæдзæджы æнцæйтты. Иæ къухы хаста чысыл карзинкæ, сау дзулы къæбæртæй йедзагæй. Лæг къахдзæфты хъæр куы айхъуыста, уæд аси- ныл фæлæууыд. Сылгоймагæн йæ цæсгом кæй нæ зынд, уымæ гæсгæ йæм æнахуыр <каст кодта, цыма йæ афтæ фарста: «Чи дæ, цы хуыцау дæ æрбахаста ар- дæм?» Фæлæ уыцы сахат райхъуыст, зæронд, гуыбыр усыл чи нæ фидыдта, ахæм æрыгон хъæлæс: — Дæ райсом хорз уа, мæ сыхаг Михо, афтæ ра- джы кæдæм рабалц кодтай? Михо фестъæлфыд — сылгоймаджы йæ хъæлæсæй базыдта. йæ цæсгомы хуыз аивта, удаистæй фæкаст, лæппу цы хæдзары сæр бамбæхст, уырдæм. Стæй æвиппайды йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта: ома уын уæ сусæг митæ дзæбæх куы раргом кодтон. — Æ, хæйрæджыты фæддзæгъдæн, гъе! — йæхи нал баурæдта Михо, фæлæ йæхиуыл ныххæцыди æмæ цингæнæгау сдзырдта: — Уый ды дæ, Мариам? Нал дæ базыдтон... Цы кодтай, мæ сыхаг? — Æз ницы кодтон, Михо, фæлæ ды афтæ тынг цæмæн фæтарстæ? Æнхъæлдæн, æмæ мыл ам кæй ам- бæлдтæ, уый дын уыйас æхсызгон нæ уыд?—æлхыскъ ныхасыуагæй бафарста ус. — Цытæ дзурыс уый? — Æмæ мæ уæдæ, мæ сыхаг, иннæ бонты хъау- джыдæр, абон цæуылнæ уал базыдтай? — йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кæнгæйæ, фарста Мариам. Михо йæхи æнæхъусæг скодта æмæ, хорз сыхагæн куыд æмбæлы, афтæ уæзданхуызæй бафарста: — Ацы раджы кæцæй цæуыс, Мариам? Дæхи йед- 344
тæмæ дзулмæ чи ацыдаид, уый нæ уыд? Гигола дын кæм ис? Михо барæй ныхас дæргъвæтин кодта; иæ цæсго- мыл хъазыд мидбылхудт æмæ, йæхи фæстæмæ-фæс- тæмæ ласгæйæ, Мариаммæ æнæууæнк каст кодта. Цалдæр къæпхæны схызти асинтыл, стæй æваст сонт зылд фæкодта, цыма йæм фæстейы исчц æрбацæй- хъуызыд æмæ йæ ныццæвынмæ хъавыд, уыйау. Фæлæ йæ чъылдыммæ æгтпындæр ничи уыд. Михойæн йæ уд йæ мидæг æрцыд. йе ’ргом та Мариаммæ раздæхта æмæ рæс цы къухы дардта, уый фæстейы амбæхста. Мариам æм касти лæмбынæг, æмæ йын дзæбæх уыдта йæ алы фезмæлд дæр. Сындæггай йæ астæу раст кæнгæйæ, хæстæгæй-хæстæгдæр цыд Михомæ. Афтæ зынди, цыма йæ къухы цы лæдзæг уыди, уый дæр стырæй-стырдæр кæны. — Цы æмбæхсыс уый дæ дысы? — фæхъæр кодта Мариам, лæдзæгæй галиу къухмæ ацамонгæйæ. — Æмæ дæ цы хъуыддаг и? — фæсус хъæлæсæй сдзырдта Михо, йæ гал-иу къух йæ чъылдыммæ дар- гæйæ. — Рæс, нæ? — хæстæгæй-хæстæгдæр æм цыди Мариам. — Цы мæ баййардтай, уый бæрæг дын нæй? — уы- цы тыхстхуызæй схъуыр-хъуыр кодта Михо. — Æз æй йæ хъæдæй зонын — кусæн рæс у! Кæ- дæм æй хæссыс? — Æнæрхъуыдыйæ йæ цехæй мемæ рахастон... Ныр мæм æрбарвыстой, куы нæ, дам, æй æрбахæссай, уæд, дам, дæ æрцахсдзыстæм. — Æмæ цы? — Цыма ницы... — Михо, кæд гадзрахатæй цæуынвæнд скодтай, уæд дæхæдæг дæхицæн ингæн скъах æмæ дзы цæрду- дæй ныххиз, цалынмæ дæ иннæтæ нæ ныххизын код- той, уæдмæ. Айс дæхи ардыгæй! Цæугæ дын зæгъын ныртæккæ! Михо ницы дзырдта. — Къуырма бадæ æви? — баздæхт æм ноджы ныфсджындæрæй Мариам. — Мæ сывæллæтты та мын чи хæсдзæн? 345
— Ма сын тæрс, фæкæсдзысты сæм. — Дæхæдæг æй хорз куы зоныс, Мариам, Закройы сывæллæттæ дæр ме ’ккой сты. Къæбæрæй дæр сыл не ’ххæссын. — Куыд уæндыс ды Закройы кой кæнын? Уый йæ уд цы хъуыддаджы тыххæй суæлдай кодта, ууыл ды гадзрахатæй куы рацыдтæ, уæд, тæппуд! Михойæн уыцы ныхæстæ хъыг уыдысты. Чи бауæн- дыд уый тæппуд схоцын? Йе ’рфгуытæ фæтар кодта, фæлæ та йæхиуыл ныххæцыди, æрмæст уæндондæрæй дзурын райдыдта: — Æмæ хорзæй цы ракодта дæ Закро? Йæхи дæр фесæфта æмæ мæн дæр цъысымы баппæрста, йæ си- дзæр сывæллæтты мæ фыццаг скодта, — хион, дам, у, мæнæй уый, æмæ сæм кæсдзæн. Фæлæ цард ницы уæл- дай хуызон фæци... Фыццаг куыддæриддæр уыдис, аф- тæ у ныр дæр. Стæй афтæ уыдзæн кæддæриддæр! — Цытæ дзурыс уый? Цæсгом дын нæй?—æнæуы- нон цæ^тæй йæм бакаст Мариам. Фæлæ Михо йæ ныхас дарддæр кодта: — Дæ лæг дæр æгас дуне иннæрдæм афæлдахинаг уыди, фæлæ ницы. Закройы фæстæ уый дæр ахæстоны смидæг. Афтæ гъе, мæ лымæн! — Дæ дзыхыл куы хæцис, уæд бирæ хуыздæр уаид! — Цæмæ гæсгæ! Уæ агитатортæ Закромæ куы уа- дысты, уæд дæр æнцад куы нæ лæууыдтæн. Æз сын уæддæр комкоммæ дзырдтон, адæмы дзæгьæлы сафут, зæгъгæ. Чи дæ ды? Цæмæн хъуамæ хæцон мæ дзыхыл дæ разы? Тынг дæ тæрсын! Базæронд дæ, афтæмæй дæ сæры зонды мыггагæй ницы ис. Чи дæ фæрсы? Ахæм хъуыддæгты тыххæй дæ фыды кæнæ дæ фыды- фыды миййаг куы нæ фарстой! Фæлтау дæ фыртмæ куы кæсис, хæдзæртты сæртыл рауай-бауай æмæ æх- ситт куыд нæ кæна, афтæ. Акæс-ма уыцы къулбадæг- мæ... Афтæ æнхъæлыс æмæ ницы уынын, ницы хъу- сын? Æз дæ æрдæбон дæ фыртæй барæй бафарстон. Куыд æнхъæл дæ, мæнæн хъустæ нæй, йе цæстытæ? Æз, мæ хур, зæронд цуанон дæн, мæ хуызæн æнæхъæн Къахеты дæр не ’ссардзынæ. Уæдæ! Ды та мыл хъæртæ кæныс... 346
— Дзæгъæл дзырд ма кæн! Æндæр ныхæстыл мæ ма дар- Ардыгæй цæугæ! Ныртæккæ! Ды æгасæй цехмæ нæ бацæудзынæ... Нæ дæ бауаддзынæн! Иуварс ацу, Мариам, мæ фæндагыл ма лæуу. Мæ хъуыддæгты дæхи ма тъысс, кæннод дæм иу за- мана кæсы... — Бакæс-ма ныр уымæ, æртхъирæн дæр ма мæм кæны! — Гъæй, рох дæ ма уæд, уынгты хъазахъхъ кæй зилынц, уый! Уæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн дæуæн дæр æмæ дæ фыртæн дæр... — А-а-а! Ды дæр уæдæ уыдоны фарс дæ? Æз дын бацамондзынæн, гадзрахатæй цæуæг, фæлæуу!—ныхъ- хъæр кодта Мариам æмæ йæ лæдзæг дард фæ- хаста. Фæлæ Мариам цæвгæ нæма æркодта, афтæ тигъæй æрбайхъуыст хъæр: — Ей! Цæй хъæлæба у уый? Цъæх уырсыл бадгæ фæзынди хъазахъхъаг, йе ’фцæджы топп æфтыд. Мариам фæстæмæ фæкаст. Хъазахъхъаг йæ бæх комкоммæ уымæ сарæзта. Ус йæ лæдзæг æруагъта. — Цы ми кæнут, цы, ам? Заводмæ бахъуызынмæ хъавут? Уæ къухтæ уæлæмæ сдарут! — схъæртæ сыл кодта хъазахъхъаг æмæ йæ ехс хæрдмæ фæхаста, Мариамы æрцæвын æввонг. — Ма йæ ныццæв, дæ хорзæхæй! Сылгоймаг куы у!—сдзырдта Михо цъæррæмыхст уырыссаг æвзагыл. Сылгоймаджы фæстæ ма цавæрдæр кусæг лæууы, уый хъазахъхъаг куы базыдта, уæд йæ ехс æруагъта æмæ Михойы домбæйттæ арæзт уæнгтыл йæ цæст æр- хаста. — Мæнæ дыл кæм фембæлдтæн, абырджыты ра- замонæг! Ардæм ма рацу! Усы юбкæйы фæстæ цы æм- бæхсыс, тæппуд! — фæхъæр кодта хъазахъхъаг æмæ, йæ саргъыл иуварсырдæм фæзилгæйæ, ехс дард фæ- хаста. Куыддæр æгъдауæй хъазахъхъаджы ехс Михойы къухты февзæрди. Михо ’ехсмæ æнæмбаргæ каст æр- кодта. — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй. Гъа, айс æй! — загъта Михо æмæ ехс хъазахъхъагмæ слæвæрдта. 347
Хъазахъхъаг фырмæстæй сырх-сырхид афæлдæхт, йæ цæстытæ туджы разылдысты. — Куыд уæндыс, куыдзæй гуырд? — ныббогъ код- та хъазахъхъаг æмæ йе ’хсаргард фæцыхауи ласта. — Хуыцау дын нæй, хуыцау! — фæхъæр ма кодта • Михо. — Цы ми кæныс уый?! Фæлæ та ацы хатт дæр, сæ дыууæ куыд æнхъæл уы- дысты, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Михо ехс иуварс фехста, галиу дысæй рæс фелвæста æмæ йæ æхсар- гардмæ фæцарæзта. Хъазахъхъагæн йе ’хсаргард йæ къухæй æрхауд, рæс йæ ныхыл сæмбæлд æмæ йæ цæс- гомы туг æркалд. Йæ саргъыл ныццудыдта лæг, стæй, калд бæласау, зæххыл йæ гуыпп фæцыд. Бæх йæ фæс- тæгтыл слæууыд. Ныммыр-мыр кодта, асинты сæрты Йæхи размæ фехста æмæ, фыдуац хæсгæ, уæрæх уын- джы астæуты ныййарц. — Уæууа, Михо, уый цы ми бакодтай! Куы йæ амардтай! Мæнæй афтæ æмæ ды дæр уыдоны фарс дæ! — тарст хъæр фæкодта Мариам. Михо ницы дзырдта, цыма Мариамы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кæны, уыйау æнæулæфгæйæ касти мардмæ. Михо хорзау нал уыди, тугæй ахуырст рæс йæ къухы, афтæмæй æнцад лæууыд. — Амардтай йæ, амардтай, æнамонд! — Мариам бакæсын дæр нæ уæндыд хъазахъхъаджы мардмæ.— Лидзæм, Михо! Хъусыс? Кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн! — Цы мæ баййардтай, уый бæрæг дын нæй? Кæй амардтон? Æхсаргард йæхæдæг куы сласта. Хæцæн- гарз мæм куы нæ уыдис, уæд æй цæмæй амард- тон? — Ау, нæ йæ уыныс, дæлæ йæ туджы куы мæцы! Лидзæм, цалынмæ нæма байрæджы, уæдмæ! Дæхи æрæмбар, Михо! — Цавæр туг? Кæм уыныс туг? — хъæр кодта Михо. Мариам ын йæ къухмæ фæлæбурдта æмæ йыл раз- мæ ахæцыд. Фæлæ Михо коммæ нæ каст. — Æз никæйы амардтон. Хуыцау ме ’вдисæн, ни- цы аххосджын дæн. 348
— Фезмæл, фезмæл, Михо! — нал æй уагъта Мариам. • ^ тг ’ . — Цæмæн алидзон, цæмæн? Кæдæм мæ ласыс? — дзырдта Михо. 0 Уалынджы бæстæ змæлд ссис. Уынгæи æрбаи- хъуыст хъæртæ, æхситт, бæхты къæхты хъæр. Хъæр> тынгæй-тынгдæргæнгæ æрбацæйхæццæ кодта Мариа- митæм. Мариам æмæ Михо дæс къахдзæфы дæр нæма акодтой, афтæ, уый размæ хъазахъхъаг цы къахвæн- дагыл æрбацыд, уым, уæларвæй æрхауæгау, февзæрд морæ цухъхъаджын бæрзонд лæппу. Йæ сæры тенка- йыл лæууыд уæлæнгай гуырдзиаг нымæтхуд. Худы бынæп зындысты къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ, йæ фын- дзы бын фæмил. — Гигола, мæ хъæбул... Мæнæ кæй уынын! Ам цы агурыс? — тарстхуызæй йæ афарста Мариам. — Ардæм цæуæн нæй, нана! Фæстæмæ аздæхут! Гигола йæ мадмæ базгъордта, йæ къухыл ын фæ- хæцыд æмæ йæ асинтæм ракодта. — Ардæм, ардаам рацу! Ма тæрс, нана. Æз ал- цыппæт дæр федтон, æцæг афоныл не ’рбахæццæ дæн. Михо дæ фервæзын кодта. Гъеуый лæг у, гъе! — Ги- гола Михойы йæ хъæбысы ныккодта, йæ зæрдæйы цьг арфæдзинад сæвзæрд, уый исты хуызы уæддæр рав- дисыны тыххæй.—Мæнæ йæ амæй ныддаудтай, нæ?^— хæлæггæнæгау дзырдта Гигола, рæсмæ кæсгæйæ.— Тагъддæр æй бамбæхс, куыд ничи дын æй фена, афтæ! Михо йын ницы дзуапп радта. Уæд ын Гигола йæ рæс раивæзта. Михо лæппуйы къух сонт схуыст акодта. — Ма æвнал, лæппу, æз уымæй мæхицæн къæбæр амал кæнын! йæ бынат мæнæ ам ис! — загъта Михо, рæс^галиу къухы дысы тъысгæйæ. ^Гигола рæсмæ куы февнæлдта, уæд дзы йæхи ту- гæй сахуырста. Мариам уый федтаæмæ тарстхуызæй фæхъæр кодта: — Дæ къух ныссæрф, ныссæрф дæ къух! Мариам фæлæууыд æмæ йын йæ къабайы фæдджи- йæ йæ къух хæрзсæрфт ныккодта. 349
Уæдмæ дзолгъо-молгъо, змæлд фæтынгдæр сты. Уынджырдыгæй хъуыстис удаист хъæртæ. — Æрбацæуынц! — Ардæм æрбацæуынц! Ардæм! Адæм бакалдысты, Михо æмæ Мариам цы ба- цæуæны лæууыдысты, уырдæм. Гигола архайдта адæ- мы бауромыныл. — Фæстæмæ аздæхут! Ам фæндаг нæй! Уæд тарст адæм сæхи асинтыл бынмæ, фæзмæ, ныккалдтой, Гигола æмæ Михойы дæр сæ разæй ахас- той. Сæ размæ иннæрдыгæй æрбацæйцыдис дунейы адæм. Пъæлицæйæгтæн сæ къухты дамбацатæ, хъа- захъхъæн се ’хсаргæрдтæ æлвæст, афтæмæй дыууæр- дыгæй астæумæ æлхъывтой адæмы. Дыууæ пъæлицæйаджы æрбацæй кодтой цъæх сар- гъы бæх, бæхы бæрзæйыл туджы пырхæнтæ ныхъ- хъæбæр сты. — Кæм æй амардæуыд? — Чи йæ амардта? — Макæйы ауадзут! — Кæм ис йæ марæг? — Се ’ппæты дæр фехсут! — хъæр кодтой пъæли- цæйæгтæ, адæмы фæзмæ æмбырд кæнгæйæ. Уалын- джы ссардтой хъазахъхъаджы тугæйдзаг мард. Сис- той æмæ йæ ахастой. Пъæлицæ æмæ хъазахъхътарст адæмы балхъывтой депойы бæрзонд бырумæ. — Мах никæй федтам! — хъæр кодтой адæм. — Ницы зонæм! Æппындæр ницы зонæм! — Мах дзы ницы аххосджын стæм! Адæмы уылæн Мариам æмæ Гиголайы размæ ра- хастой. Мад йæ фырты йæхимæ тынг æрбалхъывта, цыма йæ фыдбылызæй бахъахъхъæнынмæ хъавыд, уыйау. Михо змæлгæ дæр нæ кодта., Уыцы гуымирыхуы- зæй каст удаист адæмы сæрты. Йæ цæстыты цæхæр бамынæг æмæ кæдæмдæр æбæрæг ранмæ касти. — Дæ къух ма мæм равдис, мæ хур, тугæйдзагæй дын ма баззайæд? — бадзырдта Мариам йæ фыртмæ мынæг хъæлæсæй. — Нæ, нана. Фæлæуу-ма, Михойæн зæгъын х’ъæуы æмæ йæ рæс аппара! 350
Куы дæ феной, уæд дын æвзæрдæр уыдзæн. Михо йæ йæхæдæг дæр фæхъуыды кæндзæн. Мæ ра- зæй ма ацу! Ма тыхс, ничи нæ федта. Адæм махæй фæстæ- дæр æрбацыдысты. — Гъемæ хуыцауæй разы, мæ хъæбул! Пъæлицæ домдтой, адæм марæджы куыд схъæр кодтаиккой, афтæ. — Мах æй нæ федтам! — Мах ын ницы зонæм! — Мах ам нæ уыдыстæм! — хъуысти алырдыгæй. Депойы быруйы размæ, адæммæ хæрз хæстæг йæ бæхыл бадгæйæ бацыд жандармты афицер æмæ дзырд радта, рахизырдыгæй галиуырдæм нымайгæйæ алы фæндзæм адæймаджы дæр куыд æрцахсой, афтæ. Стæй сæ къулы рæбын куыд æрлæууын кæной æмæ цалынмæ марæг не ’сбæрæг уа, уæдмæ сæ адæмы цæстыты цур радыгай куыд марой, афтæ. Жандармтæ æмæ пъæлицæ уайтагъд байдыдтой бардзырд æххæст кæнын. Зылды надзиратель бав- нæлдта, йæ размæ цы адæм лæууыд, уыдонæй алы фæндзæмы дæр æддæмæ æппарын. — Иу... дыууæ... æртæ... Мариамæн йе ’уæнгтæ адон сты, цымæ йæ фырт цалæм уыдзæн? Зылды надзиратель банымадта æртæ лæджы. Ги- гола бамбæрста, йæ мады къух куыд базыр-зыр код- та, æмæ йе ’нгуылдзтæ, аркъауы хуызæн, йе ’уæхскыл куыд ныззæгæл сты, уый. — Цы кæныс, нана? — мынæг хъæлæсæй бафарс- та лæппу. Мад хъуыста лæмбынæгæй: ныртæккæ зæгьдзысты «фондз», æмæ Мариам йæ цæстытæ нал иста жан- дармты афицерæй. — Ма тæрс, мæ ахсджиаг, —.загъта Мариам æмæ размæ рацыд. Гигола уыди фæндзæм. Лæппу бамбæрста, мад æй фервæзын кæнынмæ хъавы. Æмæ «цыппар», зæгъгæ, нæма райхъуыст, аф- тæ Гигола йæ мады разæй йæхи фæкодта æмæ жан- дармты афицеры раз алæууыд. 351
— Æз æй амардтон! — ныхъхъæр кодта Гигола йæ зыланггæнаг хъæлæсæй. Адæм фæсыкк сты. Фæлæ уалынмæ райхъуыст Мариамы зæрдæхалæн цъæхахст: — Ма йæм хъусут! Раст нæ дзуры! Мариам йæ фырты фæдыл рагæпп ласта æмæжан- дармты афицерæй Гиголайы æхсæн алæууыд. — Ма йыл æууæндут! Уый мæн тыххæй загъта афтæ. Аххосджын æз дæн, — лæгъстæ кодта Мариам. Афицер ехсæй Гиголамæ ацамыдта. — Сбæттут æй!.. Æмæ йæ мæ фæдыл ракæнут! Мады хъарæг æмæ æрдиаг, адæмы дзолгъо-молгъо сæмхæццæ сты. Хъуыстысты хъæртæ: — Гигола хъазахъхъаджы амардта! — Мариамы лæппу Гигола! Уый йæ амардта! Гиголайы йæ мады хъæбысæй ратыдтой. К/ьанвой йæалыварс æнгом æрлæууыдысты æмæ афицеры фæс- тæ араст сты. Куыддæр жандармты афицер æмæ Гиголайы алы- варс цы къанвой цыд, уыдон фисыны аууон фесты, афтæ адæм дæр ахæл-иу сты, алчи уыцы тарстæй тагъд кодта йæ хæдзармæ. Фæлæ кусджыты поселочы æрæгмæ банцадис уы- нæр. Адæймагмæ афтæ каст, цыма уыцы уынæр кæ- цæйдæр зæххы бынæй цæуы, мæнæ зæххæнкъуысты размæ куыд вæййы, афтæ. Уынгæй уынгмæ, хæдзарæй хæдзармæ, иу адæйма- гæй иннæмæ хæлиу кодта хъазуатон тохмæ карз сидт. Тохы арт цыренæй-цырендæрæй сыгъди æмæ йæ пил- лон ахæлиу кусджыты поселокыл дæр. Михо се ’ппæты фæстæ ацыди фæзæй. Æнæнхъæ- лæджы йыл цы æнамонд хабар æрцыд, ууыл хъуыды- гæнгæйæ нырма йæ зæрдæ йе ’муд не ’рцыд æмæ цыди фæкæл-фæкæлгæнгæ, æрлæуу-æрлæугæнгæ, цыма йæ архъанæй ластæуыд, уыйау. йæхимидæг хъуыды код- та Гиголайы фервæзын кæныныл,йæхицæн æй нымадта хæсыл. Михо дзæбæх æмбаргæ дæр нæ кодта, кæдæм ын æмбæлы, уырдæм нæ, фæлæ сæхимæ кæй’ цæуы, уый. йæ хæс бафидыны хъуыдытæ йæ уæгьд нæ уагъ- 352
той æмæ тугæйдзаг рæс дысæй раласта, йае риумæ йæ æрбалхъывта æмæ йæ æргомæй хаста, уадз æмæ йæ иууылдæр уыной, зæгъгæ. Мæнæ рæс, æз та дæн марæг. Уадз æмæ мæ æр- цахсой... Гигола дзы æппындæр ницы аххосджын у, — мынæг хъæлæсæй дзырдта Михо, цыма йæхи раз йæхи рæстытæ кодта, уыйау. Фæлæ уæддæр йæ цыд нæ уагъта. Сæхимæ куы бахæццæ ис, уæд йæ сывæллæттæ цингæнгæ йæ размæ разгъордтой. Сæ фыды къæхтыл ныттыхстысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, иннæ хæт- тытау та сæ йæ хъæбысмæ куыд систаид, афтæ. Фæлæ Михо уыцы тар, уыцы мæстыхуызæй лæу- уыд. Сывæллæттæм, цыма сæ фыццаг хатт уыдта, уы- йау æркасти, гуымиры схуыст сæ акодта дуары разæй æмæ мидæмæ бахызт. Мелано Михомæ бакаст æмæ сагъдауæй баззад. йæ лæджы афтæ æнкъардæй, ахæм тарæрфыгæй ни- куыма федта. Цыдæр бæллæх ыл кæй сæмбæлд, уый бæрæг уыд! — Фæлтау нæ хæдзары куы бадтаис! Горæты цы- тæ цæуы, уый куы зоныс, — загъта ус æмæ йæм фæ- цæйцыд, йæ рæс ын райсон, зæгъгæ. Михо сынтæгмæ бацыд æмæ йыл ныддæлгом, баз- мæ йæ цæсгом цæлхъывта. Мелано йæхирдыгонау бамбæрста хъуыддаг: — Афтæ зæгъынц, Мариамы фырт, дам, хъазахъ- хъаджы амардта. Мæгуырæг, цымæ йæ фехсдзысты? Михо куыддæр æрбатымбылтæ ис, йæ буар ныд- дыз-дыз кодта. Мелано ахъуыды кодта, раст бамбæрстон мæ лæ- джы сагъæс, зæгъгæ. Дзуапмæ нал банхъæлмæ каст, фæлæ дарддæр уæндондæрæй дзырдта: — Йæ лæджы йын æрцахстой, ныр ма йын йæ фырты дæр куы фехсой, уæд цы фæуыдзæн мæгуыр Мариам? — Иу фарс ацу! — фæбогъ кодта Михо йæ усыл. Мелано фыртæссæй йæхи уаты дуармæ нылхъывта. — Дæ хорзæхæй, цы дыл æрбамбæлд? — сдзырд- та сабырæй ус. Тагъд-тагъд сывæллæтты дзаумæттæ акодта æмæ кæртмæ рацыдысты. 23 Райдзаст Гуырдзыстон 353
Сывæллæтты æмæ усы къæхты хъæр нæма бамы- нæг, афтæ, цыма йæ рæхойгæ фæчындæуыд, уыйау Ми- хо сынтæгæй фестад. Уырдыг алæууыд, фæйнæрдæм акæстытæ кодта. йæхимидæг бирæ фæхъуырдухæны фæстæ, хуырым, нæсæттондзинады бæсты йæ цæсго- мыл фæзынд цыдæр хъуыды, лæгдзинад. Раздæрауйæ къухы æлхъывдæй дардта рæс. — Тæппуд,—æнæуынонхуызæй загъта Михо æмæ рæс йæ роны басты атъыста. Хъæццул фелвæста æмæ йæ иу фарс фехста. Чысыл тæнæг гобанмæ фæ- лæбурдта æмæ йæ тагъд-тагъд хъæццулы атыхта. Тыхтон æгæр стыр рауад. Фæстæмæ йæ райхæлд- > та, гобан аппæрста æмæ айдагь хъæццул стыхта: йæ дæлармы йæ акодта æмæ дуарырдæм рацыд. йæ уæззау къахдзæфты бын пъолы фæйнæджыты хъинц- хъинц ссыд. Михо къæсæры раз фæлæууыд, фæстæмæ раздæхт æмæ сынтæгыл æрбадт, тыхтон йæ къухы, афтæмæй. — Мелано! — ныхъхъæр кодта йæ усмæ. Мелано уайтагъд æрбауад. Дисгæнгæйæ ныккаст Михомæ. Лæг дæр æм æнæдзургæйæ кæсы. — Цы æрцыдис, уый ма мын бамбарын кæн? Михойы дзыхæй ныхас нæ хауд. — Мелано! — райдыдта дзурын Михо, фæлæ та ногæй фæсыкк. — Тæккæ райсом дæхи ардыгæй айс! — загъта лæг тыхулæфтгæнгæ. — Сывæллæтты хъæумæ, де ’фсымæрмæ, акæн. Мæ номæй йын зæгъ, де уазæг, зæгъ, сæ кæнын, æнæ къæбæрæй, сæ зæгъ, ма ныууадз... Дæхæдæг та кусын- мæ бацу... — Курын дæ, Михо, æмæ ’цы æрцыдис, уый мын бамбарын кæн? — Цы æрцыдис, уый æрцыдис — хъазахъхъаджы сшардтон. Гигола аххос йæхимæ айста. Уыцы æбуалгъ хабар фехъусгæйæ Меланойæн йæ зæнгтæ йæ быны фæдыдагъ сты, фæлæ хъыпп-сыпп дæр не ’скодта. — Гъемæ, Мелано, æз цæуын Гиголайы суæгъд кæ- нынмæ. Марæг æз дæн æмæ ауындзгæ дæр мæн æр- кæнæнт. Сывæллæтты бахъахъхъæнын куы бафæра- 354
зап, уæд стыр сæрæн разындзынæ. Æрмæстдæр иу хъуыддаг бакæнын у мæ бон мæ сывæллæттæн æмæ йæ кæнгæ дæр бакæндзыиæн — сæ фыды хæс сын фиддон пæ фæуыдзæн, æз æй мæхæдæг бафиддзынæн... Ацы тугæйдзаг рæс æвдисæн уыдзæн, марæг æз кæй дæн, уымæн... Уалынджы кæртæй кæйдæр хъæр æрбайхъуыст: — Михо! Лæг æмæ ус кæрæдзимæ бакастысты. Меланойæн фыртæссæй йæ цæстытæ атартæ сты. — Фæлæуу-ма... цыма Гиголайы дзурын у, афтæ мæм кæсы, — загьта Мелано. Дыууæйæ дæр байхъуыстой. — Михо-о! — рудзынджы бынæй та æрбайхъуыст гъеуыцы хъæлæс. — Дæумæ гæсгæ, Мелано, уый Гигола у? Иæ, нæ! Мацьт зæгъ, уæддæр мæ нæ бауырндзæн. Уый ме ’фсар- мы хъæлæс у, фæлæ йæ ды куыд фехъуыстаис? Кæ- цæй хъуамæ уа ам Гигола? Ма мæ сай, Мелано! — Михо! — ногæй та æрбайхъуыст дуары тæккæ разæй. — Гигола! Гигола! — ныццин кодта Мелано æмæ дуарыл йæхи ныццавта. Гигола уатмæ æрбафсæрста. — Æнæниз уай, Михо! Уæхимæ дæ кæй æрбай- йæфтон, уый цы хорз у!.. Михо йæхи фæстæмæ-фæстæмæ аласта. — Хæстæг мæм ма цу... Гигола дæ, уый мæ нæ уырны, мæ цæстытыл уайыс, æвæццæгæн,—ныхъхъæр кодта Михо, йæхæдæг йæ къух размæ раивæзта, ма æрбацу, зæгъгæ. — Цæй цæстыл уайыны кой кæныс, Михо? Æрра сдæ æви дæ сайгæ фæчынди! — Ардæм куыд æрбахаудтай? — Ныртæккæ дын бамбарын кæндзынæн, хъуыд- дæгтæ куыд рауадысты, уый... Сбастой мæ, уый дæхæ- дæг дæр федтай, стæй мæ талынг пъадвалы ныппæр- стой. Бадзырдтой мæм æмæ мæ фæрсынц: «Хъазахъ- хъаджы ды амардтай?»—«Цавæр хъазахъхъаджы?— зæгъын. — Мæ цæстæй дæр æй куы нæ федтон». «Уæ- дæ йæ амардтай, зæгъгæ, цæмæн загътай?» — «Адæ- 355
мы æнаххосæй куы фехсат, уымæй тарстæн». «Сайыс, дам». — «Цы уæ, зæгъын, сайын?»Уыцы хъазахъхъаг, дам, æгас у, æрмæст уæззау цæф фæци. Кæрæдзи раз, дам, уæ æрфæрсдзыстæм, æмæ дам, куы фæсайай, уæд дæ гуырæй райгæ у — агæрах дæ кæндзыстæм, иу хатт дæр нæ, фæлæ дыууæ хатты фæд-фæдыл! «Фæ- уæд, — зæгъын, — афтæ!» Мæ цæнгтæ мын фæстæ- рдæм сбастой, мæ алыварс хъахъхъæнджытæ, афтæ- мæй мæ тыргъы бирæ фæракæ-бакæ кодтой, стæй мæ фæстагмæ иу цавæрдæр уаты фæмидæг кодтой. Кæ- сын, æмæ сынтæджы иу лæг хуыссы, йæ сæр баст, йæ иу цæст гом. Йæ разы мæ æрлæууын кодтой æмæ йæ бафарстой: «Мæнæ дæ ацы лæппу хъавыд марынмæ?» Æрбакæстытæ мæм кодта хъазахъхъаг йæ иу цæстæй, йæ сæр банкъуыста æмæ загъта: «Æмæ ахæм куыдзы къæбыла мæныл тых кæны? Фыццаг хатт æй уынын мæ цæстæй». Æмæдæу амонын райдыдта: «Бæрзонд, дам, сау къурткæ йыл, бæзæрхыг, сау рихитæ йын...» Дæ сурæт дын афтæ хорз равдыста, æмæ дын цыма дæхи уыдтон, афтæ мæм фæкаст. Суанг ма дын дæ бæрзонд цырыхъхъытæ дæр нæ ферох кодта. Стæй дын мын хистæр афтæ: «Гъей, лæппу, амæй фæстæмæ уынгты мауал ралли-балли кæн, иу хатт ма куы æрбахауай, уæд дæ ахæстоны бамбийын кæндзыстæм». Гъемæ куыд уыныс, афтæ... суæгъд мæ кодтой... Æз дæумæ æрбауадтæн, Михо! Цæмæн, уый зоныс?.. Тагъд дæ сау къурткæ æмæ цырыхъхъытæ раппар, дæ рихитæ æмæ дæ зачъетæ та дасгæ акæн. Мæ мад дæр афтæ зæгъы... — Зачъетæй зæгъыс, фæуæд афтæ... Æз сæ мæхæ- дæг дæр хатгай æрдасын. Фæлæ рихитæ — ницæй тыххæй! — загъта Михо, амондджын худт кæн- гæйæ. йæ тыхтон фæстæмæ сынтæгмæ баппæрста. Ги- голайы æхсæвæр хæрынмæ урæдта, фæлæ Гигола не ’сразы. — Нæ мæ æвдæлы, афтæ æхсгæ уад æрбакодтон,— загъта уый æмæ ма сабыр хъæлæсыуагæй йæ ныхас- мæ афтыдта: — Тагъд посело’кæй нæ кусджыты сæй- раг ахæстонмæ ракæндзысты. Мах сфæнд кодтам къаивоймæ ныббырсын æмæ не ’мбæлтты суæгъд кæ- 356
нын... Цæй, æз цæуын. Хæрзæхсæв раут! — загъта Гигола. — Фæлæуу-ма, Гигола! — фæурæдта йæ Михо. Гнгола фæстæмæ фæкаст. Михо сындæггай, уæззау къахдзæфтæгæнгæ йæ цурмæ бацыд. — Цæуыс, уæдæ, кусджыты уæгъд кæнынмæ? — цыма йæхинымæр дзырдта, уыйау Михо йæ ныхас даргъ ауагъта, комкоммæ Гиголайы цæстытæм кæс- гæйæ. — Æмæ уæдæ куыд?! — Æз дæр демæ цæуын! — фидарæй загъта Михо. Йæ ронбастæй рæс сласта, галиу дысы йæ батъыс- та æмæ йын йæ хъæд йе ’стыр армытъæпæны æрбал- хъывта. — Ды, лæппу, мæнæй ныфсджындæр дæ, цæвгæ та æз хуыздæр кæнын. Гъемæ мæммæ хæстæгдæр лæуу, мемæ нæ фесæфдзынæ!
Чиковани Григол ÆГАДЫ МАРДÆЙ Æвæдза, цы рæстæг уыди! Хъараман адæмы æх- сæнмæ цыди æрмæстдæр дзыхъхъынног цухъхъайы, йæ астæу æвзист æвзагджын ронæй æнгом æлвæстæй, æдзухдæр дардта хъама. Уæд хъæздгуыты фæзмыдта, фæлæ йæ ныр музуккæгты фæзмын бахъуыди.Æмæцы гæнæн ис, цард афтæ арæзт у! Хуымæтæг адæмимæхи хуымæтæджы дарын хъæуы. Уæддæр Хъараман фыццагау у хæрзконд, гуырви- дауц. йæ фыдхуызгомау нуарджын гуырыл джиппау бады дæрдджын цыбыр цухъхъа. йæ фæзылдтытæ сты цæхгæр æмæ сонт, фæлæ стæм, цыма сыл рагацау хъуыды акæны, афтæ. Сатæгсау гыццыл цæстытæ цæ- хæртæ калынц ног даст цæсгомыл, цæстыхаутæ йын æппындæр нæй. Рахиз æрфыгыл — нос. Æнæ уыцы нос Хъараман, чи зоны, фидаугæ дæр нæ кæнид, æх- саргарды цæф ын йæ бакаст афтæ фæрæсугъддæр кодта. Иæ къæхтыл дæрдджын фæлмæн цырыхъхъы- тæ. Йæ уæлæйыдарæс кæд уыйбæрц хæрзаивтæй нæу, уæддæр йе ’мхъæуккæгты астæу бæрæг дары. Уыдо- нæй та ахæм дарæс кæуыл вæййы! йæ райгуырæн хъæуы Хъараман алкæмæндæр цæстысындзæй уæл- дай нæу. «Уыгмæ чи фæкæсы, уый йын йæ дзæмбытæ уы- ны,—йæ зæрдæ рисгæйæ ^ъуыды кæны Хъараман, йæ алыварс æм цы цæстæй кæсынц, уый зонгæйæ. — Æз дæр уыйау. Æцæгæлон сын дæн, æцæгæлон». Ныр йæ цухъхъа дæр кæны æдзæллаг дард, йе 358
’гънæджытæ йын нал æвæры, йæ басылыхъхъ — йе. ’уæхсчытыл, йæ рон æмæ йæ хъама та — цухъхъайы мидæгæй. Цæугæ дæр фыццагау сæрбæрзондæй нал кæны, чысыл фæгуыбыргомау. Уæддæр йе ’мхъæуккæг- ты æхсæн бæлвырд бæрæг дары, æмæ дзы сæхи иуварс уымæн ласынц. Хъараман дис кæны: «Æвзæрæй мæ цы зонынц, мæ райгуырæн хъæуæн æвзæрæй куы никуы ницы кодтон, уæд мæ сæ удхæссæг цæмæн уынынц? Иу ми- ниуæг уыди Хъараманмæ: йæхи хъæуы никуы хъыг дардта. Фæлæ уæддæр йæ фыдгой алы ран дæр код- той. Æнæ гæдыныхас, ныронг æм уый нымады дæр нæ уыди. Уадз æмæ хъуыды кæнæнт, цы сæ фæнды, уый, дзурæнт, цас сæ фæнды, уыйас. Нæдæр ын хæлар уыд, нæдæр æввахс, афтæмæй царди. Р1æ царды цы стыр ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоп аргъæутты куыд вæййы, афтæ рауадысты: йæ зæронд цухъхъайыл ма Георгийы кресты фæдтæ бæрæг да- рынц, афтæмæй музуккæгты хуызæнæй агæггп ласта. Сæ хъæу дæр бынтондæр фендæрхуызон ис. Æрмæст Хъараманмæ уыдон нымады дæр не ’сты. «Рæстæг сæ куыд æрбахаста, афтæ сæ хæсгæ дæр акæндзæн, — зæрдæтæ æвæры йæхицæн». Фæлæ диссаг уый у, æмæ царды цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон азæй-азмæ фидардæр кæнынц, уæлдай диссагдæр та уый у, æмæ сын мингай фарсхæцджы- тæ кæй ис. Азæй-азмæ Хъараманы тынгдæр уырны: йæ рæстæг кæй фæци æмæ кæй никуыуал • раздæх- дзæни. йæ сæры сæвзæрд иу хъуыды: «Хъуамæ царды мæхицæн исты фæндаг равзарон — кæнæ иуырдæм, кæнæ иннæрдæм, кæннод мæ абон сæхи иуварс ла- сынц, райсом та мыл бынтон атигъ уыдзысты, æмæ мын уæд байрæджы уыдзæн. Мæ хъысмæтæй хъаст ницæмæй кæнын, фæлæ йæм уæддæр куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы». «Иæ амонд æй хæссы, — дзырдтой-иу йæ хъæук- кæгтæ. — Амонд æм кæддæриддæр йæ мидбыл худти». ...Бирæ ракæ-бакæйы фæстæ Хъараман сфæнд код- та колхозмæ бацæуын. Иу æнтæф бон сихорыл Хъараман кæдæмдæр ра- 359
балц кодта. Фæндаджы сæрмæ рыг сбадти. Ныр æгас -мæй уарыны æртах не ’рхауд. Æхсæвы арв зыны фæлурсæй, цыма йæ хуыз аивта, уыйау. Райсомæй та, зæхх нæм.а æруазал вæййы, афтæмæй судзгæ хур скæсы, æмæ бон-изæрмæ арвыл иу мигъы къуымбил дæр нæ фæзыны. Сихормæ фырæнтæфæй æддæмæ ра- кæсæн нал вæййы æмæ уæд адæмæй, фосæй, маргъæй— иууылдæр аууоны бамбæхсынц. Уынгты цъиуызмæлæг нал вæййы. Фæцæуы Хъараман бæгьæмсарæй. йæ цæсгомыл хидлæсæнтæ кæны. Йæ цæстытæй ма тыххæй фæразы кæсын. Йæ иу ’къухы зных æмæ зынгцæгъдæн, иннæйы та лулæ йедзагæй. Чи уыд уый æнхъæл, æмæ искуы Хъараман йæ дзыхы ахæм смаггæнаг æлыгæй конд трубкæ бакæндзæн! Ахуыр ыл, миййаг, не ’сси, фæлæ цы гæнæн ис, — музуккæгтæ дымынц ахæм трубкæ, æмæ йæ уый дæр хъуамæ дыма. «Арсы дæр схон- дзынæ дæ фыд, йæ быны дæ куы æрбакæна, уæд», — хъуыдытæ кæны йæхицæн. «Ехх, фæтых дыл сты, фæ- тых, Хъараман!» Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыди иу рагон аргъау. Цавæрдæр тыхджын паддзах знаджы ныхмæ йе ’фсадимæ стæры ацыди. Фяраст мин теуайы пад- дзахы къухна ластой, фараст мин теуайы та хæринæг- тæ хастой. Фæлæ хæст куы райдыдта, уæд сыл знаг фæуæлахиз, æмæ паддзах уацары бахауд. Бæхдоны раз æй сбастой æмæ йын хуымæтæг уацайрагау ка- тилочы хъæрмхуыпп рахастой. Æххормаг куыдз æм батахти, катнлочы йæ хæмхудтæ фæтъыста. Паддзах фæтарсти, куыдз мын мæ хæринаг ахæрдзæн, зæгъгæ, æмæ ныхъхъæр кодта. Куыдз йæхи рарæмудзынмæ хъавыди, фæлæ катилок йæ хурхыл ауыгъдæй аззади, æмæ афтæмæй алыгъди. Паддзах тæригъæддаг худт ныккодта æмæ афтæ зæгъы: — Мæ къухна мын фа- раст мин теуайы ластой, ныр мын æй иунæг куыдз аскъæфта... «Диссаг у адæймаджы хъысмæт! Ныронг мæ бон уыди арвæй худ кæнын, зæххæй æрчъитæ. Ныр мæ нал арвмæ скæсын уадзынц, нал мын зæххыл ис бы- нат. Знон дæр ма мæ уындæй æмризæджы цы музук- кæгтæ рызтысты, уыдонмæ ныр мæхи къахæй цæуын. 360
Искуы уый æнхъæл уыдтæн, æмæ мæ рувæн мæ къухы, афтæмæй сæ фарсмæ æрлæудзынæн? Уæдæ! Хъара- ман Хвингия — колхозон!» Уæлдай зындæр тайынуый уыди, ’æмæ йæхæдæг кæй куры, колхозмæ мæ айсут, зæгъгæ. Мæнæ ныртæккæ сæрдармæ цы курдиат фæ- хæссы, уым æцæгæйдæр афтæ фыст ис: «Курын, æмæ мæ колхозмæ айсут». Хæйрæг равзарæд ныртæккæйы хъуыддæгтæ! «Кæмæн лæгъстæ кæныс, Хъараман, стæй цæй тыххæй? Дæ фыдмæ æххуырстæй чи куыста, уый фырт- мæ курдиатимæ цæуыс? Дæхи дзыхæй курыс къæпи, колхозы зæххытæ рувынмæ?.. Дæ зонд фæцыд, Хъара- ман, дæ зонд! Раздæх, цалынмæ дын нæ ферæджы, уæдмæ!»... Фæлæ кæдæм раздæха: разæй дон, фæсте — къар- диу. Чердæмфæнды цæуа, адзалæй йын аирвæзæн нæй. Æмæ иугæр кæд афтæ у, уæд размæ цæуын хъæуы! Хъараман æрлæууыди колхозы правленийы дыу- уæуæладзыг хæдзары дуармæ, йæ дысæй йæ ныхы хид асæрфта. «Куы нæ мæ айсой, уæд та? Бæллæх у, афтæ куы рауайа, уæд!» Йæ цæргæ-цæрæнбонты дзы фыц- цаг хатт бацыди тас. Хъараман æмæ тасдзинад! Уы- цы дыууæ дзырды иумæ нæ фидауынц. Сæ хъæуы-иу арæх ракой кодтой, революцийы агъоммæ цы хæст уыди, уым, дам, Хъараман Хвингия «нæмгуытæ йæ дæндæгтæй ахста». Æмæ ныр ахæм лæджы тас бацæ- уæд! «Фæстæмæ аздæхон. Цалынмæ мæ нæ хъыг да- рынц, уæдмæ ма иучысыл ацæрон. Цæмæй цæрон, уый мæм нæй æви? Цъулай Къостайы духаны баддзынæн æмæ нардæй1 хъаздзынæн. Фæлæ уымæн дæр тагъд йæ духан айсдзысты æмæ уый дæр къæпи райсын ба- хъæудзæн». йæхи дзæгъæлы цæмæн сайа? Хъараман зоны, йæхицæн дæр æмæ Къостайæн дæр колхозмæ бацæуы- нæй хуыздæр хос кæй нæй, уый. Къоста уый не ’мба- ры, æдылы у, Хъараман та дардыл хъуыды кæны æмæ нæ фæрæдийдзæяи. Цы рæстæг аивгъуыдта, уы- мæн раздахæн нал ис, цæугæдонæн иннæрдæм куын- 1 Н а р д — стджытæй хъазт, арæх у Скæсæны. 361
нæ ис раздæхæн, афтæ. Йæ рæстæг фæцц æмæ никуы- уал сног уыдзæн. Фæлæ адæймаджы зæрдæйы конд афтæ у, æмæ кæддæриддæр йæхицæн истæмæй ныф- сытæ æвæры. Хъараман дæр абоны онг фенхъæлмæ каст. Хъæуы куы æрæнцад, уæдæй фæстæмæ йæ цард иу- дадзыгдæр Къостайы духаны æрвиты. Къуымы тæр- хæджы раз сбады æмæ йæхи нардæй хъазынæй ир- хæфсы, ноджы æмбылды дæр никуы фæци. Стджытæ æппарынмæ афтæ сдæсны ис, æмæйын æдзухдæр, чи хъæуы, уыцы нымæцтыл абадынц. йæ фыд давæг уыди, æмæ йæ фырты дæр ахæм хъуыддагыл сахуыр кодта. Фæлæ Хъзраманы æр- цахстой æмæ йæ уæд хъæуæй йæхи айсын бахъуыди. Бирæ бæстæтыл фæхатти. Фæстагмæ æрæнцади Суху- мы. Ам ыл йæ хъысмæт хинæй рацыд: иу базаргæнæн параходы йæ æрцахстой, æмæ ма денджызы руаджы аирвæзт, æндæр æй ахæстоны скуыси кодтаиккой. Ленк кæнын хорз зыдта, фæлæ йын уæддæр контра- бандисттæ куы нæ баххуыс кодтаиккой, уæд былгæ- ронмæ ницыхуызы бахæццæ уыдаид. Уæды рæстæджы Абхазы зындгонд контрабандис? Маргания Бешкен хи хъæбулау бауарзта Хъараманы. Хъараманмæ разынди диссаджы «арæхстдзинæдтæ», æмæ йæ кæнгæ фыды уайтагъд фæсте фæуагъта. йæ койæ ма суанг арæнхъахъхъæнджытæ дæр æмризæ- джы рызтысты. Хæрз цыбыр рæстæгмæ схъæздыг, чи зоны, миллионер дæр еуыдаид, фæлæ... Фæлæ йæ шап- кæйы иу раст адæймаг разынд, æмæйыл уый хицауад- мæбавдыста. Контрабандистты сбастой, ссуд сын код- той. Чи ахæстонмæ бахауд, чи та Сыбыры хай баци. Хъараман йæ кæнгæ фыдимæ Сыбырæй Аджармæ алыгъд, уый фæстæ Туркмæ ахæццæ, балымæн туркаг абырджытимæ æмæ контрабандисттимæ. Арæх-иу ахызтысты арæныл, стыгътой æмæ мардтой гуыр- дзиæгты. Хъараман кæд давæг æмæ контрабандист уыди, уæддæр йæхи намысджын адæймагыл нымадта. Иу- хатт та иу гуырдзиаг хъæумæ куы ныббырстоц, уæд ын гæнæн фæци, æмæ йæ туркаг «æмбæлтты» ныц- цагъта. Уыцы хъуыддæгты фæстæ Батумы æрбынат 462
кодта, уым сæмбæлди Хъæддаг дивизийæ иу гуыр- дзиаг булкъоныл. Балымæн сты, æмæ йæ булкъон йе- мæ Уæрæсемæ аласта. Уалынмæ Германимæ хæст райдыдта. Куыддæр Хъараман хæсты быдырмæ йæ къах бавæрдта, афтæ нæ кады кой айхъуысти. Цалдæр мæйы фæстæ йын прапорщикыном авæрдтой. Кавалеристы сау цухъхъа- йы риуыл цæхæртæ калдтой Георгийы крестытæ æмæ æндæр хорзæхтæ. Бирæтæ йын йæ намысмæ хæлæг кодтой, фæлæ Хъараман йæхиуыл нæ фервæссыд. йе ’мбæлттыл иузæрдион уыди, йæ цард иу æмæ дыууæ хатты не ’рæвæрдта адзалы раз, знæгтимæ уыди æгъа- тыр. Иу польшæй-аг афицеримæ дуэлы бацыд æмæ йæ- уый фæстæ отставкæйы рацæуын бахъуыди. Граждай- наг хæст куы райдыдта, уæд сырхытæм бацыд, фæлæ уайтагъд урсыты фарс фæци. Стæй Царицыны бынмæ урсытæй алыгъд æмæ Абхазы балæууыд. Уыцы заман бæстæ змæст уыди. Хъараман йæ бынтыл нæ ауæрста, цæл кæнынæй сæ фæци. Гъемæ уæд æрымысыд йæ рагон «дæсныйад» æмæ та дзыхъ- хъынногæй бæхтæ давын райдыдта. Дæсгай гуыдыр- тæ дæр æй нæ баурæдтаижкой уыцы хъуыддаджы. Давгæ та кодта Кæсæджы, Черкесы, Абхазы, Мегре- лы, æтас Хурныгуылæн Гуырдзы æрмæст йæ койæ дæр рызтысты. Давæг чи уыд, уый бирæтæ бæргæ зыд- той, фæлæ йæ ской кæнын нæ уæндыдысты. Давæггаг бæхтæн Хъараман сæ гакк ивынмæ аф- тæ дæсны уыд, æмæ-иу æй хæйрæг дæр нал равзæр- стаид. Фæлæ-иу йæ амæттаг цы бæхтæ фесты, уыдон алы хатт æлхæнджыты зæрдæмæ нæ щыдысты. Æмæ сæм-иу уæд Хъараман дзæбæх «базылд»: сæ дæндæг- тæ сын-иу сцыргъ кодта, сæ зæнгты царм сын-иу фæ- лыг кодта æмæ-иу æй ныддымста. Афтæмæй-иу цы- фæнды цауд бæх дæр хæрзхаст ефсæй агæпц ласта. Бæхтæ уæй кæныны хъуыддаг бар кодта æндæр- тæн. Абхазы кæй давта, уыдон уæйгонд цыдысты Чер- кесы; Мегрелы давд бæхтæ та — Имареты. Хъараманы арæхстдзинады тыххæй адæмы æхсæн цыди таурæгъ- тæ дæр. Уæлдай тынгдæр сæ зæрдыл бадардтой иу ахæм хабар: Иухатт чындзæхсæвы зындгонд абхазаг кънйаз 363
рашпæлыд: Хъараманы бан, дам, мæ бæх адавын нæ бауыдзæн. Давгæ нæ, фæлæ йыл сбадын дæр нæ ба- уæнддзæн! Хъараманы хъустыл уыцы хабар æрцыд, æмæ тынг смæсты ис. Уыцы кънйаз раздæр йæ зæрдæмæ цыди, куыд хъуыстгонд джигит, кæрдзындæттон фысым. Хъараман æй йæхæдæг дæр нæ хъыг дардта, стæй ин- нæ давджыты дæр йæ хæдзармæ æмгæрон нæ уапъта, фæлæ ныр сфæнд кодта кънйазы æрцахуыр кæнын. Кънйазмæ чидæр дзырд бахаста, Хъараман дын дæ ныхæстæ фехъуыста, зæгъгæ. Кънйаз йæхи фыдбылы- зæй бахизыны тыххæй райдыдта мадзæлттæ аразын: йæ кæрты алыварс бæрзонд быру самадта, уый уæле та сындз телæй рацыд. йæ исбон ын хъахъхъæдтой æртæ куыдзы, раст тигры хуызæн хъæхъхъаг. Уыдоны рæзты кæртмæ ницыхуызы уыди бацæуæн. Фæлæ Хъараман цæмæй тарст! Уый сасиры хуынчъы дæр абырыдаид. Бавдæлд æмæ куырдæн скæнын кодта æртæ дын- джыр æнгуыры æмæ иу дымгæ æхсæв сбырыд, кънйа- зы хæдзары раз цы тæрс бæлас зади, уымæ. Æнгуыр- тыл дзидзайы кæрстытæ бафидар кодта, æмæ сæ кæртмæ æруагъта. Бинонтæ иууылдæр фынæй уыдыс- ты, æрмæст ма куитæ къæрцхъусæй кæрты рацу-бацу кодтой. Хъараман йæ къубал кæртырдæм баивæзта æмæ сындæггай хъæддаг куыдзы ниуд ныккодта. Куи- тæ тæрс бæласырдæм сæхи ныццавтой æмæ дзидзайы кæрстытæм фæлæбурдтой. Алкæйы дæр сæ фæци фæй- нæ карсты æд æнгуыр. Хъараман куиты кæрæдзи фæ- дыл, кæсæгты хуызæн, сласта æмæ сæ бæласы къалиу- тыл фæрсæй-фæрстæм æрцауыгъта. йæхæдæг æдæрс- гæйæ бæласæй æрхызт æмæ бæхдоны- дуар æнцад-æн- цойæ байгом кодта. Дыууадæс бæхыл дзы худинаджы гакк сæвæрдта, æртындæсæмы та, кънйазы уарзондæр бæхы, ласгæ акодта. — Бабын мæ кодта уыцы æлгъыст, æгас дунейыл мæ фæхудинаг кодта! — фæхъæр ма кодта кънйаз, райсомæй куиты бæласыл ауыгъдæй куы ауыдта, уæд. Йæ бæхтыл ма худинаджы гакк дæр куы федта,уæд йæ хъару бынтондæр асаст. Фæлæ Хъараманыл кæй бон цыди? 364
Аст азы дæргъы абырæгдзинад фæкодта Хъараман Хвингия, бирæ мулк æм æрæмбырд ис, æмæ сфæнд кодта йæхи æрæмбарын, æрбæстон уæвын. «Æвæццæ- гæн большевиктæ æрфидар сты,—хъуыды кодта уый.— Тагъд сæ мæнмæ дæр хъæуы». Æмæ ныууагъта йæ абырæгдзинад. Ус ракуырдта. Фæлæбинонты ’амондджын цард бирæ нæ ахаста: дык- каг аз ус аргæ-арыны амард. «Кæсут, — дзырдтой адæм, — йæ ус ныййарын нæ бафæрæзта, уымæн æмæ сывæллон хæйрæгæй уыд». Хъараман цал сылгоймаджы зыдта, уый баныма- йын кæй бон у? Æрмæст йæ уындæй дæр æмризæджы рызтысты. Фæлæ сæ иу дæр Хъараманы æхгæд зæрдæ- йы, йæ усæй фæстæмæ арф бынат не ’ссардта. Йæ усы амард Хъараманы йæхимæ æрыхъусын кодта. Цы- дæриддæр æм уыд, уый ныууæй кодта æмæ йæ рай- гуырæн хъæумæ æрыздæхт. Ам райгуырд, схъомыл ис, ам ныгæд сты йæ мад æмæ йæ фыд æмæ йæхи стджы- тæ дæр ам æвæрд куы æрцæуиккой, уый йæ фæнды. Фæлæ йæ адзал тагъд кæй нæма уыдзæн, ууыл йæ зæр- дæ дардта... Р1æ ныййарджыты зæронд хæдзары бына- ты æрæвæрдта замманай ног хæдзар. Ныссагъта дис- саджы дыргъ бæлæстæ æмæ æрзаин кодта сæнæфсир- дон. Хъараманæн бирæ .азты дæргъы йæ бон фæцæ- рын уыди, мæнæ афтæцæйау ба’кæнынц — йæ иу къах йе ’ннæуыл сæвæргæйæ, раст афтæ. Тыхист æмæ дав- гæ кæй фæкодта, уыдон ын цæрæнбоны фаг уыдысты. Фæлæ хъæуы цæрджытæ Хъараманы се ’мгæрæтты дæр нæ уагътой... Хъараман æнкъард зæрдæимæ фæхæццæ кæны «Ног царды» колхозы правлени, зæгъгæ, цы хæдза- ры дуарыл фыст ис, уырдæм. Зьшæрвæосоп худт кæн- гæйæ скасти уыцы фыстмæ. «Ног цард»... «Æз дæр хъуамæ бацæуон уыцы ног цард,мæ. йæ райгуырæн хъæуæй цы адæймаджы фæтардæуыд, раст уый хуы- зæн дæи. Тæрынц æй, уый та ма сæ домы, хъæуæи æй сæргълæууæг куыд скæной, афтæ. Мæнæн дæр уыйау рауади мæ хъуыддаг...» Мидæгæй рацæйцыдысты колхозонтæ. Хъарамач фæлæууыд, фæндаг сын радта. •365
— Цæмæн æрбацыдтæ, Хъараман? Колхозмæ цæ- ’уынвæнд -ма скæн? — хынджылæгхуьгзы йæ бафарста колхозонтæй иу. Хъараман æм тарæрфыгæй бакаст, фæлæ дзургæ ницы скодта. Уый уыди Квиквиния Гайоз, — рагæй дæр дзы Хъараман йе ’сæфт уыдта. Хъараманы бинонтæ бирæ мæстытæ зыдтой Гайозы фыдæй, æмæ та ныр Гайоз дæр хылкъахæн кæны. «Цаамæп æрбацыдтæ, Хъараман? Колхозмæ цæуын- вæнд ма скæн?» — ацы ныхæстæ Хъараманы зæрдæ- йы, топоы нæмыгау, иннæрдæм ахызтысты. «Багъæц, — йæ маст рафыцгæйæ, ахъуыды кодтд Хъараман, — дæ абоны къæйных ныхæсты тыххæй ды мæнæн дзуапп ратдзынæ! Бирæ дьтн фæбарстон. Фæ- лæ ныр — кæнæ ды кæнæ æз». Гайозæи йæхицæн та сабырæй ахæм дзуапп радта: — Сæрдар мæ иучысыл хъуыддагæн хъæуы...Къан- горы ис, цымæ, ницы йын зоныс? — Сæрдар районмæ ацыди, — загъта Гайоз. Хъараманыл цыма стыр хорз æрцыд, уыйау бацин кодта: ныр йæ курдиат йæхимæ баззайдзæн, — æмæ фæстæмæ сæхимæ бацыд. Фæлæ уæддæр йæхимидæг Гайозмæ фырмæстæй сыгъди: «Цъаммар, мæ хъуыд- даг мьгн фехæлдта! Уæвгæ мыл кæй схудт, уый, чи зоны, хуыздæр уыди, уый руаджы цы æдылыдзи- „ над бакæнынмæ хъавыдтæн, уымæй афоныл фер- вæзтæн. Цымæ цæуыл хъуыды кодтон, кæдæм цыдтæн? Цы хорздзинадмæ сæм æнхъæлмæ кастæн?» Æмæ Хъараман ард бахордта, йæ бафхæрæгæй йæ масткæй райсдвæни. Уыцы рæстæджы правленийы дуармæ ныхас дард- дæр кодтой: — Цымæ уыцы дæлимоны цы хъуыди? — дзырдта Гайоз, Хъарамап куы ацыд, уæд. — Хорз хъуыддаги- мæ уый махмæ не ’рбацæудзæн. — Хъараманæй та хайыр кæд чи федта! — мæст- джынæй фæхъæр кодта урсзачъе колхозон. — Æмæ дæм кæннод цы цæстæй бакас^ги... Мацы фыдбылызта саразæд уыцы æлгьыст! Зæронд лæджы ныхæотæ тас бауагътой Гайозьг Збб
зæрдæйы æмæ, сæхимæ фæцæйцæугæйæ, хъуыды код- та: «Цы ’мын хъуамæ кæна уыцы æнаккаг? Цавæр цъаммардзинад та æрхъуыды кæндзæн?» Хус раастæг скодта. Уæлдæф цыма фырæнтæфæй æндзькг бацис, уый хуызæн у. Дымгæйы уддзæф никæ- цæй цæуы. Фырхусæй зæхх аскъуыдтæ ис. Раггæид хуымтæ басьигъдыеты, кæрдæг бур-бурид сси. Зæхкус- джытæ сæ каст арвмæ дзæгъæлы скодтой — бæстыл иу мИ’Гъы къуы/мбил дæр нæй. Нартгхоры сыфтæ бахус сты æмæ зæхмæ згъæлын райдыдтой. Суанг æхсæв дæр уы- цы тæвдæй лæууыди уæлдæф. Хъæуæй сььбыртт нал хъуысти. Хæдзæртты цыма цъиуызмæлæг дæр нал баз- зад, уыйау уыди. Кæсаг былгæрон æнæ донæй куыд каггай кæна, уыйау адæм дæр сæхицæн бынат нал ард- той æмæ бæлæсты бын сæ цард æрвыстой. Æрмæст Хъараман нæ агуырдта аууон ран. Уый фæразон уыд тазвдæн дæр æмæ уазалæн дæр. Йæ куы- рæт ныронгау æнгом æвæрд йæ тæккæ хъуыры онг. Мæнæ балкъоны бады æд гитарæ æмæ æнкъардæй кæ- сы кæртмæ. Мæйрухсмæ зынынц нартхоры сыфтæ, уыдон æдде та фæндаджы рыг. «Кæм ис мæ фæндаг? — фæрсы йæхи Хъараман. — Цавæр фæндагыл ацæуон, стæй кæцырдæм?» Давæг- гагæй йæм цы ис, уыдон ын цæрæнбоны фаг сты, бæр- гæ, фæлæ йæ ныууадздзысты? «Ныр >мæ æнцад нал ныууадздзысты, мæ рагон тæригъæдтæ дæр мын æрымысдзысты. Иубон куы уа, уæд мын мæ дуар æр- бахойдзысты æмæ... Диссаг, ныронг мæм куыннæ фæ- зындысты! Æздæр’бадын æмææнхъæлмæ кæсын... Нæ, нæ, дарддæр афтæ цæрæн нал и». йæ гитарæ иуварс æрæвæрдта æмæ сыстад. Йæ аууон пъолыл адаргъ и, стæй къулмæ бахызт. Хъараманмæ афтæ фæкаст, цьша уый Гайозы аууон у. 0, о, а фæстаг рæстæг æнæсцухæй Гайозьил хъуыды кодта Хъараман, цæмæн, уый йæхæ- дæг дæр не ’мбæрста. Фæлæ йæ иыр бамбæрста, æмæ йын фенцондæр. Цы йæ кæнын хъæуы, уый ныр зоны. — Куыдз йæ дуармæ хъæбатыр у, — хъæрæй загъ- та Хъараман æмæ, йæхимидæг цыдæр ахъуыдыгæн- гæйæ, тагъд-тагъд хæдзары фæмндæг. 367
Цырагъ пецы сæрæй райста, стъолыл æй æрæвæрд- та, къуымы чырыны сæрæй гауыз систа, чырын бай- гом кодта, йæ сызгъæринтæ æмæ йе ’хцатæ систа, ба- ньмадта сæ æмæ сæ йæ зæронд куырæты бабаста; уый фæстæ къулæй, йе ’м’бæхсæн бынатæй, райста сойæдзаг бызгъуыры тыхт дамбаца. Хъараман быз- гъуыр иуварс фехста, дамбаца та йæ дзыппы цæвæрд- та. Джихауæй алæууыд, стæй пъолы фæйнæгыл схæ- цыд, иуæхстон дзы æд гилдзытæ сласта, арæхстгай йæ бызгъуырæй асæрфта æмæ йæ уæйлаг нымæты батых- та. Йæ алыварс йæ цæст ахаста. Уаты зынаргъæй цы- дæриддæр уыд, уыдон иу ранмæ æрæмбырд кодта, хор- дзенты сæ цæвæрдта æмæ сæ къуыммæ фехста. Мацы мæ ферох уа, зæгъгæ, уæттыл се ’ппæтыл дæр тагъд- гомау азылди. Цырагъ ныллæг æрзылдта, дуар сæх- гæдта æ»мæ кæртмæ рацыд. Уым æнгуз бæласы бын лæууыдя йæ уырс. Бæх йæ сæр схъил кодта. Уый ни- куы уыд æмæ Хъараман йæ уарзон бæхы рæзты рацæ- уа æмæ йын йе ’рагъ рæвдауæн сæрфт ма æркæна, фæ- лæ йæм ныр фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Хъараман ра- хызт къахвæндагмæ. Рыг йæ сæрмæ мигъау сбадти. Фндары хаэлддзагмæ куы бахæццæ ис, уæд цæхгæр- мæ уынджы фæзылди. • Хъараман цыди хъуыдыты аныгъуылгæйæ, йæ развæндагмæ нæ каст, афтæмæй. Къостайы духаны раз йæхи æрæмбæрста. О, о, Къоста- йы фадын æй хъæуы! Æвæццæгæн ныртæккæ хуысгæ кæны. Æхсæв ам, духаны, вæййы, сæхимæ бон бауайы æрмæст. Къоста талынджы нæ уæнды, æмæ йæм æх- сæв-бонмæ цырагъ фæсудзы. Фынæй дæр цырагъы рухсмæ фæкæны. Фæлæ ньтр рудзынгæй рухс нæ калди. «Диссаг, цы.мæ ацафон кæм ралли-балли кæны? Йæ духан дзæгъæлы куыд ныууагъта?..» Афтæ хъуыдытæгæнгæ, схызти тыргъмæ æмæ сагъ- дауæй баззад, — дуар уыди гуыдырæп æхгæд, стæй йыл бецъеби мыхуыр æвæрд. Хъараман тагъд-тагъд ацыди Къостатæн сæхимæ. Къоста царди доны фаллаг фарс. Зæронд мад йед- тæ-мæ йын ничи уыд, æмæ уый дæр ныр цалдæр азы сæйгæ кодта, хуыссæнæй уæлæмæ не ’стад. Кастис æм, æххуырсгæ кæй бакодтой, ахæм чызг. Хид æгæр дард уыди. Тагъддæр бахæццæ уон, зæгъ- 368
гæ, Хъараман йæ цырыхъхъытæ дæр нæ раласта, аф- тæ’мæй донæн йæ тæнджыты бауад. Сындæггай хæ- дзармæ бахъуызыд. Къостайы рудзынгæй калди рухс. Хъараман дидинджыты аууон слæууыд æмæ дыууæ хатты сыпдæггай ныхситт кодта. Куыдз æхситмæ не срæйдта, йæ къæдзил тилгæ тыргъæй æргæпп кодта æмæ къуьпмы батьимбыл. Чысыл фæстæдæр агъуысты цырагъ ахуыссыд, æмæ дуары хъист фæцыд. Ферттывта Къостайы лæгуыи сæр. йе’нæхонгæ уазæг кæм лæууыд, уырдæм фæком- коммæ. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста ацы æнафо- ны? — тарстхуызæй афарста Хъараманы. Къоста уыди айдагъ .мидæггаг дарæсы æмæ фæстæ- мæ фæцæйздæхт, мæ цухъхъа мæ уæлæ æрбакæнон, зæгъгæ, фæлæ та Хъараман фехситт кодта æмæ уæд Къоста, расыгау цудтытæгæнгæ, æрхызти тыргъы асинтыл. — Цы æрцыди, Хъараман? — дæрддзæф æрлæу- гæйæ, бафарста духаны хицау, йæ уазæджырдæм кæс- гæ дæр нæ кодта, афтæмæй. Иу бакастæй Хъараман бафиппайдта, Къостайы цыдæр маст кæй бацыди, уый. — Дæумæ мæ хъуыддаг ,ис, — загьта Хъараман, йæ мидбылты хинæйдзаг худтгæнгæ, æмæ Къостайы хæф цæстытæод æлгъгæнгæ бакаст. Хъараманы-иу арæх уыд «хъуыддаг», фæлæ духаиы хицау бамбæрста, ацы хатт æм цавæрдæр стыр хъуыд- даджы фæдыл кæй æрбацыд, уый. Тæрсгæ, миййаг, нæ фæкодта, фыццаг-иу куыд уыд, афтæ. Æгæр-мæгуыр йæ сæрыл хæрдмæ дæр не ’схæцыд — æнцад лæууыд æмæ æнхъæлмæ касти. • — Æрбадæм-ма мæнæ ам, — загъта Хъараман.— Цæй куыд у, бичъо1, дæ духан дын айстой? — æмæ йын йæ рæмбыныкъæдзæй йæ фарс басхуыста. Йæхи æмсæр кæй нæ нымадта, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр Хъараман «бичъо», зæгъгæ, дзырдта. — Хорз не ’сты нæ хъуыддæгтæ, бичъо, ам нын лæугæ нал у. — Хъараман ныхъхъус и. Зын ын уый 1 Б и ч ъ о — лæппу. Ацы ран зынæрвæссон дзырд. 24 Райдзаст Гуырдзыстон 369
уыд, æмæ йæ ахæм ницæйагæн йæ зæрдæ æргом кæ- нын кæй бахъуыди. «Цæмæн мæ хъæуы ацы уаллон!— мæсты кодта йæхимидæг Хъарам.ан. Уадз æмæ сæ амæттаг фæуа!» Фæлæ йæм уæддæр ныртæккæ уыцы ницæйаг духангæсæй хæстæгдæр ничи уыди. Æрмæст- дæр Къостайы бон уыди Хъараманæн баххуыс кæнын. — Æз хъавыдтæн колхозмæ бацæуын, — райдыдта .та Хъараман, — мæ зæрды уыди ног господатимæ ба- лымæн уæвын æмæ семæ искуыдтæ бафæразын, цальш- мæ сæ тых нæ басæтта, уæдмæ, фæлæ мæ хъуыддагæй ницы рауади, бичъо! Сæ дуæрттæ фидар æхгæд ра- зындысты. Цæрæнбон бирæ хин гуыдыртæ байгом код- тон, фæлæ амæн... Къоста нæ хъуыста. Хъараманы раз зæххыл тъæ- пæн бадти, куыдзау ын иузæрдионæй каст йæ цæсты- тæм æмæ хъуыды кодта: «Цæй, цæй, тагъддæр дзур, мæнæй дæ цы хъæуы». — Ардыгæй мæ ацæуын хъæуы, — дзырдта дард- дæр Хъараман. — Фæстæдæр æрæджы уыдзæи. Мæхæ- дзар уæй кæнын. — Дæ хæдзар?—уыцы æнæуæлдайхуызæй бафарс- та Къоста. — Æз дæр хъавыдтæн мæ хæдзар ауæй кæ- нынмæ, фæлæ мæ разæй фесты, мæ духан мын айстой. Фиддон афоныл нæ бафыстон, æмæ хъуыддæгтæ иу- уылдæр уырдыгæй райдыдтой... Бынтон афтидæй баз- задтæн. — Къоста йе ’нгуылдз ацъырдта æмæ йæ Хъа- раманы фындзы бынмæ бахаста: — Раст мæнæ афтæ... Æз дæр хъуамæ мæхи айсон ардыгæй, Хъараман. Цы мын баззади ацы æлгъыст бынаты, басудза! — æ<мæ æвиппайды ныхас æндæрырдæм аздæхта: — Уæдæ дæ хæдзар уæй кæныс, нæ? — Уæй. Тæккæ райоом мын ды хъуамæ уыцы хъуыддаджы феххуыс кæнай. Къоста фæцырд: — Æз дын баххуыс кæндзынæн. "Иу ахæм адæйма- джы зонын, æмæ йе ’хцайæн ныккæнæн дæр нал и! — Чи у? — Чи зæгъыс?.. — Къоста хинæйдзагхуызæй йæ даандæгтæ базыхъхъыр кодта. — йæ сурæт дæ сæрæй кæмæн нæ хицæн кæны, уый: Квиквиния Гайоз. — 370
Æнæмæнг.дын æй балхæндзæн! Уыцы музуккаг ныр йæхиуыл афтæ схæцыд, афтæ бафсæста йæхи æмæ йæ мæгуыр хæдзары къуымы цæугæ дæр нал кæны. — Зонын æй, бичъо, зонын; мæ хъустыл æрцыди, мæ хæдзармæ кæсгæйæ йæ цæстыфиутæ кæй тайынц, уый. Мæн дæр гъе ахæм æлхæнæг хъæуы! Æмбис аргьыл ын æй ратдзынæн. — Хъарамаи бавнæлдта Къостайы æфцæгготмæ æмæ йæ йæхирдæм æрбаивæз- га. — Хъуамæ йын райсом, тæккæ райоом ауæй кæнон мæ хæдзар. Хъусыс? — Хи-хи-хи, хъусын. Æцæг дын вицы æмбарын, цы та сфæнд кодтай, уымæн, æлгъыст фæуинат. — Гъе, бичъо, цы хъуамæ сфæнд кæнои? Афтæ æнæуи тагъд кæнын. Цыдæриддæр нæм ис, уый ныу- уæй кæнæм æмæ лидзæм ардыгæй. Науæд нын сæ байс- дзысты, дæ духан дын куыд байстой, афтæ. Хъараман банцад, ома ацы сæтойæн мæ хабæрттæ цы дзурын, зæгъгæ. Стæй ма уæддæр æртхъирæнтæ- гæнгæйæ загъта:—Мах алидздзыстæм, фæлæ афтæ ба- кæнын хъæуы, цæмæй нæ мыггагмæ дæр сæ зæрдыл бадарой. Духаны хицау фыртæссæй йæхи бабукъ кодта. — Цы фыдбылыз сфæпд кодтай, Хъараман? Хъараманæн æхсæвы тары йæ цæстытæ ферттыв- той: — Ма тæрс, дæуæн ницы тас у. Ацу æмæ схуысс! Райсом дæ раджы абæрæг кæндзынæн. Хъуамæ Гайо- зы сæхимæ баййафæм, куыстмæ куыд нæ>ма ацæуа, аф- таамæй, — загъта Хъараман, йæхæдæг быруйы сæрты агæпп кодта æмæ уайтагъд фæаууон и. Сæхимæ æрбахæццæ фæсæмбисæхсæв. Мæй раджы аныгуылд. Кæрты астæу сау æндæрджы хуызæн лæу- уыди бæх. Хайуан йæ сæрыл схæцыд, йæ хъустæ фæ- гæмæл кодта æмæ йæ иу цæстæй арвмæ скаст. Уад кæй уыдзæни, уый æмбæрста. Уалынмæ æваст денджызы- рдыгæй уад сыстад. Бæлæстæ базмæлыдысты, басыф- сыф кодтой, рыг йæхи уæлдæфмæ цæджындзау систа. Бæх ныммыр-мыр кодта æмæ кæрты къуыммæ ба- лыгъди. Хъараманæн йæ басылыхъхъ дымгæ й’е 'уæхс_ чытæй фелвæста, йæ гопп уæлдæфæй адымсти, æмæ йæ дымгæ ахаста. Бæх æррайы хуызæн быруйы сæрты 371
-агæпп кодта æмæ мыр-мыргæнгæ былгæронырдæм ныййарц. Хъараман нæдæр йæ бæхмæ фæсидти, нæдæр йæ ба- сылыхъхъ агурæг ацыд. Уыциу цыдæй бараст хæ- дзармæ. Сау мигътæ сæхи ныллæг æруагътой. «Ехх, уæд та зæхх æгасæй дæр данджызы бын куы фæуид!» — райæгау хъуыды кодта Хъараман æмæ йæ мидбылты бахудти. Фынæй дæр баци афтæ фыд-зæрдæ худтгæигæ. Æмæ цыма Хъараманы фæндонмæ гæсгæ уыди,уы- йау тæрккъæвда рацыд. Дæттæ раивылдысты. Æрхы- тæ донæй байдзаг сты. Фæдæлдон сты быдыртæ æмæ къохтæ. Афтæ зынди, цьша денджыз зæххы аны- хъуырдта... Фæлæ иуцасдæр рæстæджы фæстæ арв йæ нæрынæй фæхъус, къæвда басабыр, æмæ дон къаддæр кæныц байдыдта. Мигътæ, урс-уроид нымæтау, зæхх нымбæрз- той, æмæ хур се ’хсæнæй ракæсын нæ фæрæзта. Райсомæй духаны хицау Хъарамапмæ дæр нал фæ- касти; фæлæ йæм йæхæдæг фæтагъд кодта. Дысоны къæвдайæ дон раивылд, æмæ Къостайы кæрт донæй байдзаг, аласта йын йæ сара, йæ <кæр>кдон æмæ йæ къæбиц. «Табу дæуæн, хуыцау, аагайтма ацы куитæн нæ баз- задысты! Ехх, мæ хæдзар æмæ ма мын мæ мады дæр куы аластаид! Уæд мæ зæрдæ афтæ тынг нæ риссид...» Къоста йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ зыбыты хуы- лыдз ныцци æмæ, хуы-лыдз уырыйау, зыр-зыр кодта. Хъараман ы.н ар.ахъхъ бадардта, æрдæг сæрст цыхтæй азакъубкæ кодтой æмæ Гайозмæ ацыдысты. Сæ уæр- джыты онг доны ныгъуылдысты, Хъараман разæн, Къоста йæ фæстæ, афтæмæй цыдысты. Мигъ æнгом ньпббадти зæххыл æмæ сæ алыварс æппьшдæр ницы зыпди. Бæстæ уыди сабыр, хъуыстис æрмæст доны цæл- лахъхъ. Цалдæр хатты фæиртæстысты сæ фæндагæй: куы-иу дзыхъхъы ныххаудысгы, куы æмбондыл сæхи скъуырдтой. Фæстагмæ стыр зынтæй ссардтой, цы хæ- дзар сæ хъуыдис, уый. Кæртæй осыди куыдзы рæйын. Уый Гайозы куыдз уыди. 372
— Ей, Гайоз! — бахъæр кодта Къоста. — Чи дæ? — кæртæй райхъуыст Гайозы ныхас. — Æз дæн, — ивазгæ ныхасæй загъта духаны хи- цау. — Чысьгл ма æддæмæ ракæс, хъæуыс мæ. — Йæ- хйедæг Хъараманырдæм раздæхт æмæ йын ныллæг хъæлæсыуагæй дзуры: — сæхимæ ис. Уыныс, дуне хæлгæ кæны, уый та æнæрынцойæ кусы. Сæ тæккæ фаромæ райхъуысти Гайозы ныхас: — Ахæм фыдрæстæг дæ цы хуыцау æрбахаста, Къоста? Уагæр цавæр æхсызгон хъуыддаг у? Мæнæ ма ардæм рацу, мæнæ фæйпæг хидыл. Æрмæст хъахъхъæ, къапаумæ ма ныххау. Хидыл куы ауадысты, уæд сæм мигъы æхсæнæй ра- зынд кулдуар; бацыдысты кæртмæ. Гайоз Хъараманы куы ауыдта, уæд фырдисæй «æгасцæуат», зæгъынмæ дæр нал сарæхст. — Ды кæм æрбацыдтæ, Хъараман, стæй афтæ ра- джы, уым дæм, æвæццæгæн, исты ахсджиаг хъуыд- даг ис! — О, ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл дæм æрбацы- дыстæм, — йæ зæрдæйы цы ис, уый æмбæхсгæйæ дзуапп радта Хъараман, «дæ бон хорз» нæ загъта, аф- тæмæй. Къоста бахудти: — Цьима хорз зоигæтæ кæрæдзимæ æнæ хъуыдда- гæй нæ фæцæуынц, ахæм ныхæстæ кæиут! ’ Гайоз духаны хицаумæ нæ хъуыста, фæлæ та Хъа- раманы афарста: — Цавæр хъуыддаджы фæдыл мæм æрбацыдтæ? Хъарамап ницы дзырдта. Ам дæр та Къоста дзуап- дæттæг фæлæууыд: — Стыр зындзинады мидæг стазм, Гайоз... — æмæ, Хъарамапы тызмæг цæстæнгас рацахсгæйæ, ферхæ- цыд. «Ныр, цымæ, цы лæхурыс? — дзырдта уыцы цæс- тæнгас’.—Ца^вæр маст, цавæр зыидзинады кой кæныс?» Фæлæ Гайоз уыдæттæ нæ бафиппайдта. ’ — Табуафси, — загьта уый æмæ уазджыты разæй мидæмæ араст. — Хъараман мæм йæ тыхстдзинады фæдыл не ’рбацыдаид, — бафтыдта ма йæ ныхасмæ хъазгæмхасæн. — Уымæй раст зæгъыс, æлгъыст фæуинаг, — йæ 373
фыдæхдзинад не ’мбæхсгæйæ, загъта Хъараман. — Тыхст æмæ æнкъард заман æрдхордмæ фæцæуынц æххуысмæ, æз та дын дæхицæн хорз ракæныны тыххæй æрбацыдтæн. Гайоз цымыдисхуызæй бакасти Хъараманмæ, фæ- лæ дзургæ ницы скодта. Бацыдысты агъуыстмæ. Гайозы хæдзар уыди хæлддзаг, фастагæй æмбæрзт, æгасæй дзы — дыууæ чысыл уаты. Иуæн йæ тæккæ бæотастæу — артдзæст. Бинонтæ сæ уæгъд рæстæг ацы уаты æрвыстой, хæринаг дæр æмæ хæргæ дæр ам код- той. Сæ хуыссæнтæ дæр ам уьгдысты. Иннæ уатæн уыди фæйнæг пъол, агъуысты дзаума дзы уыди, горæ- ты куыд вæййы, афтæ. Фæлæ ацы уат дæр иннæйы хуызæн — æнæ рудзынг. Гайоз йæ уаэджыты хуыдта хуыздæр уатмæ, фæлæ Кшста тынг суаза,л æмæ сæ артдзæсты фарсмæ оба- дын кæныныл сразы кадта. Куыддæр æрбадтысты, аф- тæ дзурыи райдыдта, цы хъуыддаджы фæдыл æрбацы- дысты, уый тыххæй: — Æнхъæлдæп, Гайоз, хæдзар уæййаг агурыс?.. Гайоз фæцырддзаст: — Бæгуы агурын... — Гъемæ уæдæ хъуыддаг афтæ у, æмæ дæм кæд æхца ис, уæд дæм амонд йæхи къахæй æрцыд. Хъара- м^ан йæ хæдзæрттæ уæй кæны. Диссаг дæм кæсы? Аб- хазмæ цæуынмæ хъавы, бынтондæр. Знон писмо райс- та—йæ усы æфсымæр амарди. Æвæццæгæн сæ хъуыс- таис, — хъæздыг мыггаг уыдысты, Гудауты цардысты. Гъемæ чи амард, уый ус Хараманмæ æрвиты, рацу æмæ, дам, хæдзармæ фæкæс, стæй æнæуи дæр... — Къоста бачыр-чыр кодта. — Æмæ Хъараман йæ хæ- дзар кæмæн ныууадза? Уымæ гæогæ пæ сфæнд кодта ауæй кæнын. Дзæгъæл æппæлд цы кæнон, æгас районы ахæм бæотыхæйттæ никæмæп ис. Дæхæдæг дæр сæ аоныс. Йæ дыргъдон æмæ йæ сæнæфоирдон дæр хæдза- ры аргъ куы сты... Гайозы цæстытæ цæхæртæ скалдтой. Уый хæдзар дæр æмæ цæхæрадон дæр хорз зыдта. Ехх, ныр æм æх- ца фаг куы уаид! Фæлæ кæм! Хъуамæ ахæм аргъ ныкъкъуыра æмæ Гайозæн йæ сæрыхъуынтæ дæр не ’сфаг уыдзыоты. Æмæ æнкъардгомауæй афтæ бакодта: 374
— Мæпмæ та уыйбæрц æхца кæм ис, æмæ ахæм бæстыхай балхæнон? Фæлæ Къоста йæ хъуыры абадт: — Хи-хи-хи, кæд ма дæумæ нæй æхца, уæд ма уæдæ кæмæ .ис?! Гайоз ризгæ хъæлæсыуагæй Хъараманы афарста: ! — Цас æй кæныс? — Æрмæджы æхцайæ дæс мины! — куыдфæнды- хуызæй загъта Хъараман, рагацау цы дзуапп сцæттæ кодта, уый, æмæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта.—Æз хæдзар уæй кæнын, бичъо, сахъари къул нæ, фæлæ. Дæуæп та лыр ахæм къæосы цæрын худинаг у. Ныр дæ хуызæтты рæстæг у... Дæ ныййарджытыл мидæггаг дарæс дæр никуы уыд, æгæр-м’æгуыр хуыссæнуат дæр нæ зыдтой... Дæумæ та æхца ис, æмæ дæм хъуамæ алцыдæр уа. Йе ’нæуаг æргом ныхæстæ Гайозæн хъыг уыдысты, фæлæ цыфæндыйæ дæр сфæнд кодта Хъараманы хæ- дзар балхæнын, разы уыди суанг йе ’ппæт исбон ныу- уæй кæныныл дæр. Æнæгæдыныхас æм аргъ дæр уый- бæрц зынаргъ нæ фæкаст. Гайоз йæ усæн бамбарын кодта фынг æрæвæрыны тыххæй. Къоста уайтагъд купчи аразынмæ фæци. Адзырдтой сыхæгты лæгмæ дæр, æмæ купчи хъæрæй бакастысты. Раздæр дзы Хъараман æрæвæрдта йæ къух, стæй та Гайоз æмæ æвдисæн лæг. Фынгæй куы сыстадысты, уæд Хъараман æхца æр- цагуырдта. Анымадтой æмæ сын дæс æмæ æртиссæдз туманы не ’сфаг. Гайоз йæ сыхагæн загъта, æмæ йын уый уайтагъддæр хæс авæрдта. Тыхст заман хорз адæймагæн баххуыс кæнын — удыбæстæ у! Хъараман æхца дыккаг нымад дæр нал бакодта, афтæмæй сæ йæ роны атъыста æмæ рараст и. — Кæд мын уыдзæп балидзæн? — бафарста Гайоз йæ уазджыты, кулдуармæ сæ куы рахæццæ кодта, уæд. — Кæд дæ фæнды, уæд тæккæ ахсæв дæр, — тар- æрфыгæй дзуапп радта Хъараман. — Æз мæ дзаумæт- тæ стыхтон, хуысгæ та ахсæв Къостамæ дæр скæн- дзьтнæн. 37_5
— Ахсæв цæмæн, — загъта Гайоз, — мæ хæдзар, миййаг, судзгæ кæны. — Куыд дæ фæнды, афтаз; бичъо, — сдзырдта ма Хъараман æмæ, «хæрзбон» дæр нæ загъта, афтæмæй’ уынгмæ ахызт. \ Уарыны дон фæкъаддæр, мигъ дæр сыстад. Хъара^ ман цыди даргъ санчъехтæгæнгæ. Цыма ферыгондæд ис, афтæ йæм касти. — «Кæд балидза?» — мæсты худт бакодта Хъара- ман. — Дæ къах дæр не ’рæвæрдзынæ мæ хæдзары! Фырæфсæрмæй дзыхъмард фæуин, ды мæ хæдзармæ куы æрбалидзис, уæд. Къоста йæ хæд фæстæ цыди, æмæ уыцы ныхас куы айхъуыста, уæд фыртæссæй фесхъиудта. — Куыд зæгъыс, куыд, Хъараман? Дъараман ныххудти. — Уæдæ, зæронд хæрæг, афтæ æнхъæлдтай æмæ уыцы цагъайраджы къæбылайæн мæ хæдзар ратдзы- кæн? Нæ, бæлон хъæрццыгъайы ахстон аккаг нæу! Уый никуы ’уыдзæн! Цæхгæрмæ уынджы Хъараман æрлæууыд æмæ Къостайы уæхск æрхоста: — Цæй хорз, цæугæ... Хъахъхъæн, къанауы ма ныххау. Изæрдалынгтæм цæттæ куыд уай, афтæ! Де- мæ рахæсс, зынаргъдæр дæм цы кæсы, æрмæст уыдон. Цавæр хъуыддаг нæм æнхъæлмæ кæсы, ууыл дæхæ- дæг ахъуыды кæн. Ацы тæссаг адæймаг цавæр «хъуыддаджы» кой кæ- ны, Къоста уый не ’мбæрста æмæ йæ цæстытæ æна- хуыр æрцъынд-æрцъынд кодта. Хъараман та йын дарддæр дзырдта: — Ахсæв дæм нæхимæ æнхъæлмæ кæсын. Дæ бæх- иу хиды бын пыхсбыны æрбæтт... Цæугæ! — æмæ Хъараман фæраст сæхирдæм. Æхсæвы та ногæй дымгæ рацыд æмæ мигъ сыс- тад. Фæлæ арв уыд хъуынтъыз. Хъараман æмæ Къоста фембæлдысты кæрты. Къос- тайæн йæ арахъхъы тæф калди. — Æнхъæлдæн æмæ банызтай, бичъо? — тызмæ- гæй йæ бафарста Хъараман. — Нал æй баййæфтаис?— Хъараман куыр&ты мидæг талынджы зынди ноджы 376
лыстæгдæр æмæ фæтæнуæхскдæр. Хъараман Къоста- ’йы уæхскæй гыццыл хордзентæ райста, схæцыд сыл æмæ загъта: — Саг лæг дæ, æвæдза, Къоста! «Хъуыддаджы» фæдыл куы цæуай, уæд уæлдай дзау- махъыгдаргæ кæны. Ам «мæм банхъæлмæ кæс, æз мæ бæх æрцахсон. — Æмæ талынджы æрбадæлдзæх. Хъараман быруйы сæрты куы агæпп кодта, уæд йæ хъама фæцъортт ласта æмæ сæнæфсиры пуцæлттæ цæгъдыныл балæууыд. Æндон хъамайы дзин-дзин æмæ æхситт дьгмгæ хаста дардмæ, сæнæфсиры пу- цæлттæ фæйнæрдæм тахтысты. Сæнæфсирдон куы ныд- дæрæн кодта, уæд та фæрæтмæ февнæлдта æмæ ман- даринтæ æмæ лимонтыл ралæууыд. Æнæ йæ фæллад суадзгæйæ бæлæсты се ’ппæты дæр ныццагъта. Стæй уæд йæ дысæй йæ цæсгомы хид асæрфта æмæ йæ ал- фамбылаймæ акаст. «Афтæ гъе!»—загъта йæхинымæр. Фæрæт иу фарс фехста æмæ æмбонды сæрты асæррæтт кодта; тагъд-тагъд йæ бæхы цурмæ бауад æмæ йæм басидтис: — Джогория! Бæх -æм æрбауад. — Къоста, саргъ-ма радав, — Хъараман бæхы тыргъы размæ бакодта. Духаны хицау уым нæ разынди. — Къоста! — мæсты хъæр ныккодта Хъараман.— Нæ хъусыс -æви? Саргъ-ма, зæгъын, радæтт. Ничи та йæм сдзырдта. — Цымæ цы фæци уыцы куыдзы фырт? Хъараман йæ бæх фæуагъта æмæ мидæмæ бауад. Къоста хуыссыди тъахтиныл æмæ адджын фынæй кодта.. — Æ, куыдзы фырт, гъе!—ралгъыста Хъараман.— Æмæ æниу уæйгæнæг лæг та æцæг адæймаг кæд уыд? Р1æ къахфындзæй йæ бакъуырынмæ хъавыди, куыд райхъал уа, афтæ, фæлæ ахъуыды кодта: «Нæй, тыхсты хос мын у, æндæр цы? Ахæм æмба- лимæ зæрдиаг «’хъуыддаг» саразæн нæй. Дæлдзеек фæ- уæд!» Æнæхъæр-æнæцъистæй йæ хæцæнгарз йе ’фцæ- джы баппæрс-Га, йæ нымæт йæ уæлæ æрбакодта, йæ 377
хордзентæ райста æмæ хъуызæгау кæртмæ рахызт. Бæхыл саргъ баппæрста, йæ хордзентæ саргъмæ ба- баста, федта сæ, куыд ницы дзы ахауа, афтæ. Стæй йæ алыварс йæ цæст ахаста. Иæ зæрдæ ницæмæ уал æхса- йы. Бæхы рохыл рахæцыди, кæрты астæу æй фæуагъ- та, йæхæдæг асинты бын смидæг. Дынджыр фæтæгены авг дзы райста æмæ бæстыхæйтты алыварс æрзылди, хæдзары къултæ фæтæгенæй пырхгæнгæ. Стæй авг иуварс фехста, спичкæ бадардта æмæ бæхмæ сгæпп кодта. — Тæхгæ, Джогория! — сдзырдта бæхмæ æмæйын йæ барцыл адæлгом. Бæх заборы сæрты фатау атахти æмæ талыиджы фæаууон. Арт ныггуыпп ласта. Ноджы ма йын дымгæ дæр феххуыс кодта, æмæ уайтагъд хæдзар схæцыд. Райхъуысти Къостайы æрдиаг æмæ æваст фæмы- нæг. Арты хабар хъæубæстæ уайтæккæ дæр базыдтой. Бæстæ хъæр сси. Иууылдæр тахтысты Хъараманы хæ- дзармæ, иутæ кулдуарыл, иннæтæ кауы сæрты гæп- пытæгæнгæйæ. — Дон! Дон! — хъуыстис алырдыгæй. Ссыди дурынтæ æмæ боцкъаты дзыгъал-мыгъул. Фæлæ бамбæрстой, хæдзар сыгъдæй кæй нал бахиз- дзысты, уый. Фыццагдæр чи æрбазгъордта, уыдонæй иу уыдп Гайоз, йæ фæдыл та йæ ус. Нырдиаг кодтой дыууæйæ дæр: — Нæхи байсæфтам! Уыцы æлгъыст нæ афæлыв- та! Уыцы хæйрæджы амæттагæй хайыр кæд чи федта? Адæм хабар не ’мбæрстой æмæ дисы бацыдысты, Гайоз æмæ йæ ус искæйы зындзинадыл афтæ цæмæн маст кæнынц, зæгъгæ. Алырдыгæй сæ фæрстытæ иодтой: — Цы уыл æрцыди? — Цæуыл хъæр кæнут? Ахæм абырæгæн та тæри- гъæд цæмæн хъæуы? Арты уынæрæй тыхджындæр уыд Гайозы æрдиаг: — Бабын нæ кодта, уыцы куыдзы фырт! Абон- 378
райсом мæм мæ хæйрæджы хайау фæзынд æмæ мæ иу ран нал уагъта: мæ хæдзар мын, зæгъы, балхæн æр- дæг аргъыл... Афтæ мын хъæуы! Хæйрæгæй йæ бал- хæдтон æмæ хæйрæджы хай баци... Уыцы рæстæг тыргъы фæзынди «удæгас цырагъ», райхъуысти æвирхъау æрдиаг: «Фервæзын мæ кæнут!» — Хъараман у, Хъараман? — сцъиах-цъиах код- той адæм. Цырагъ йæ судзгæ къухтæ тилгæйæ, хъæргæнгæйæ асннтыл æрцæйцыди, фæлæ æмбисмæ дæр нæ рахæц- цæ: цар ыл æркалд, æмæ фæбынæй. Иууылдæр афтæ æнхъæл уыдысты, Хъараман ба- сьпъд, зæгъгæ. Æмæ йыл иу рахъыггæнæг дæр нæ фæци. — йæ тæригъæдтæ йыл æртыхстысты! — Адæмæн цы фыдбылызтæ фæкодта, уыдон ныр йæ сæры фиддон фесты... — дзырдтой алырдыгæй. Хабар адæммæ диссаг фæкасти. Фæлæ тынг ды- зæрдыггаг уыдыстыхæдзары ауæй дæр, сыгъды хъуыд- даг дæр, Хъараманы мард дæр. Алырдыгæй хъуысти хъæртæ. — Ам цыдæр ис!.. — Фæстæдæр рабæрæг уыдзæн, барæй аразгæ хъуыддæгтæ кæй сты, уый! — Хъараман ахæм нæу, æмæ йæхи арты судзын чи бауадза! Уæдмæ хæдзар сыгъд фæуынмæ хъавыди. Арт фæ- цæйхæццæ кодта хордонмæ, кæркдонмæ æмæ къæбиц- мæ. Фæлæ артæй бахизыныл ничи архайдта. Суанг ма Гайоз дæр йæ къух ауыгъта, уыцы æлгъыстæй мæ ни- цы хъæуы, уадз æмæ басудзой, зæгъгæ. Уалынджы, дын, кæмдæр, хъæуы астæуæй, фæцыд дыууæ гæрахы. Æмæ адæмы æхсæнæй райхъуысти хъæртæ: — Правленийы къантор басыгъди! — Хордæттæ судзынц! Адæм афсæрстой колхозы правленийырдæм. Хъараман йæ хæдзарыл арт куы бандзæрста, уæд йæ ных комкоммæ донырдæм сарæзта. Йæ бæх пыхс- быны æрбаста, йæхæдæг колхозы правленийырдæм 379
фæраст и. Сыгъдмæ цы адæм фæдис кодта, уыдон æй куыд нæ бафиппайой, афтæ бæласы аууон æрæм- бæхст. Алырдыгæй адæмы хъæр хъуыстис: — Хъараманы хæдзар басыгъди! «Æз уын уæ сыгъд уæхи фæкæндзынæн, фæлæу- ут!» — æртхъирæн кодта Хъараман, кауы сæрты гæп- гæнгæйæ. Цæхæрадæттыл æнæкъуылымпыйæ бахæццæ правленимæ. Æхсæнадон хордæттæ дæр ам уыдысты. Р1æ дзыппæй фæтæгены авг фелвæста æмæ цалдæр раны бапырх кодта. Арт уыциу гуыпп нылласта. Хъахъхъæнæг Хъараманмæ хæрз хæстæг лæууыди, фæлæ зæронд Кинтария, адæм кæдæм тахтысты, уы- цырдæм афтæ зæрдиагæй касти, æмæ йæ фындзы бын цы æрцыди, уый нæ бамбæрста. — Базыдтон дæ, Хъараман, — ныхъхъæр ма код- та хъахъхъæнæг. Хъараман кауы сæрты куыд фæцæй гæпп кодта, афтæ зæронды хъæр айхъуыста, фæзылд æмæ йæ хъыримагæй фæд-фæдыл дыууæ æхсты фæкодта. — Амардта мæ! — Кинтария ныццудыдта æмæ зæххыл дæлгоммæ æрхаудис. Хъараман кауы сæрæй æргæпп кодта æмæ йæ раз- мæ бауад. Иу миниуæг уыди Хъараманмæ: кæй-иу амардта, уый-иу дæлгоммæ куы æрхауд, уæд æй уæл- гоммæ разылдта — ома йæ уд сисыны размæ хуыцау- мæ скæса, зæгъгæ. Æмæ та ныр дæр афтæ уымæн ба- кодта. Хъахъхъæнæджы уæлгоммæ разылдта, йæхæ- дæг æй хъазгæмхасæн фæрсы: — Уый онг мæ цæмæн скодтай, Кинтария, æмæ дæ фехсон? Уалынмæ уынгæй æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр. «Милицæ, — ахъуыды кодта Хъараман. — Дæл- дæр фæу, цы хъахъхъæнæг дæ, кæд дын ныртæккæ æнæ мæлгæ нæ уыди!» Кауы сæрты алидзын ын нал бантысти, æмæ уал æнцадгай аууон ран æрæмбæхст. — Ардыгæй фехстæуыд! Хъараман базыдта милицæйы хицауы хъæлæс. Районы центр ацы хъæуæй æртæ километры дард- дæр йедтæмæ нæ уыди. 380
«Уайтагъд куыд æрбахæццæ сты, — дзырдта йæ- хинымæр Хъараман. — Æгæр афæстиат дæн... Мард- мæ мæ здæхын нал хъуыди. Афоимæ доны былмæ бахæццæ уыдаин...» Хъараман хъахъхъæнæджы куы фехста, уæд ми- лиционертæ та хъæуы уынджы уыдысты. Æртæ барæ- джы æрзылдысты правленийы алыварс, милицæйы хицау æмæ ма иу æндæр та, кæцæй фехстæуыд, æм- раст уырдæм бацыдысты. Дыууæйæ дæр сæ бæхтæ Хъараманы комкоммæ æрурæдтой. Хъараман сæм ныхъхъавыди, фæлæ уыйбæрц адæмы хъæлæба æмæ къæхты хъæр цыди æмæ ахъуыды кодта: «Куы фехсои, уæд нал аирвæздзынæн». Нымæт йæ уæлæ æрæм- бæрзта. Уыди мæйдар. Судзгæ хордæттæй цы рухс цы- ди, уый ноджы саудалынгдæр кодта бæстæ. Адæм чысылæй, стырæй скъæфтой дон — чи бедра- йы, чи дурыны — æмæ йæ калдтой артыл. Уалынмæ æрбахæццæ сты сыгъдхуыссынгæнджытæ дæр. Сыгъ- дис æхсæнадон исбон, тæссаг уыди, хъæубæстæ мæ- гуырæй куы баззай.а, уымæй, уьшæ гæсгæ стырæй, чысылæй йæхиуыл ничи ауæрста. Хордæттæ куыд ссыгъдысты, уымæй бафæрсынмæ дæр никæйы æв- дæлд. Уайтагъд дымгæ дæр фæхъус, цыма уый дæр хор фервæзын кæныныл архайдта. — Хуыцау дæр ацы хуыйы хъыбылты фарс у, — бахъуыр-хъуыр кодта Хъараман, нымæты бынæй адæ- мы змæлдмæ кæссæйæ. Арт фæкъаддæр, уæддæр ма йыл адæм дон калд- той æмæ калдтой. Уалынмæ бынтондæр ахуыссыд. Æрмæст ма ранæй-рæтты æхсидæвты фæздæг цыд. Адæм сæ хæдзæрттæм цæуын байдыдтой, æмæ Хъараман бацин кодта. «Иу-дæс минуты ма — æмæ аирвæзтæн». Цæмæй йæ зыдта, фыдбылыз æм æрхæс- тæг кæны, уый. Гæрах куы фæцыд, уæд æй милицæйы хицау йæ хъæрмæ гæсгæ бамбæрста, нæмыг правленимæ хæстæг цыдæр фæлмæныл кæй сæмбæлд, уый. Бæхæй æрхызт æмæ, цалынмæ адæм арт хуыссын кодтой, уæдмæ кæр- ты алы къуыммæ дæр лæмбынæг каст. Хъараман æй уайтагъддæр ауыдта æмæ ’дзы йæ цæстытæ нал иста. Уый зыдта, милицæйы хицау хъахъ- 381
хъæнæджы мард ссардзæн æмæ уæд базондзæн, чер- дыгæй фехстæуыд, уый. «Фæстиатгæнæн нал ис. Ли- дзын хъæуы», — загъта йæхинымæр. Фæлæ æртæ санчъехы фалдæр уыди дзыхъхъ, адæм дон уырдыгæй хастой арт хуыссын кæнынæн. Куыд- дæр Хъараман фезмæла, афтæ йæ ауындзысты. Милицæйы хицау ссардта хъахъхъæнæджы. Æр- гуыбыр æм кодта, йе ’уæхскмæ йын бавнæлдта. Зæ- ронд йæ цæстытæ байгом кодта æмæ тыхтæй-амæлт- тæй сдзырдта: — Хъараман... Хъараман бафтыдта арт... Федтон æй, мæн дæр уый амардта. — Æмæ ууыл æнусмæ йæ цæстытæ сæхгæдта. Милицæйы хицау йæ алыварс ра- фæлгæсыд æмæ кауы рæбын сау æндæрг ауыдта. Хъараман хъыримагмæ февнæлдта, йæ бынатæй фестад æмæ милицæйы хицауы багæрах кодта. Адæм ма ауыдтой, чидæр кауы сæрты куыд агæпп ласта, уый. — Хъараман! Хъараман! — Хъараман уыди! — Уый Хъараман куы уыд, Хъараман! Се ’ппæт дæр ын басудзын æнхъæл уыдысты, æмæ йæ ныр куы федтой, уæд тарстхуызæй йæ фæдыл хъæр кодтой. Хъараман уынгмæ раирвæзт, æмæ донырдæм ный- йарц йæ бæхмæ. Милицæйы хицауæн йæ зæнг фæцæф, афтæмæй ма фехста Хъараманы, фæлæ йæ фæивгъуыдта. «Хидмæ куы баирвæзин, — хъуыды кодта Хъара- ман, — уæд бæхыл абадин, æмæ мын-иу мæ фæстæ цæхх кæнæнт!» Фæлæ хидмæ куы бахæццæ, уæд бæстæ гæрах сси. Чидæр цæхгæрмæ æрбацæйзгъордта. Хъараманы сæр- мæ тахтысты нæмгуытæ. «Нал бахæццæ уыдзынæн мæ бæхмæ, уыцы æлгъыс- тæгтæ йæм фæраздæр уыдзысты. — Хъараман тынг- дæр йæ бæхæн тæригъæд кодта. — Нæ, Джогорийæн уыдоны къухтæм раттæн нæй!» — фидарæй загъта Хъараман æмæ йæ тых-йæ бонæй ныхситт кодта. Уыцы æхситт бæх тынг хорз зыдта, йæ рохтæ ра- тыдта, доны смидæг æмæ аленк кодта. 382
Хъараман та йæм ноджыдæр басидти: _ Джогория! Ардæм, Джогория! — бæхы нæ уыд- Та æрмæст æм хъуысти доны цылахъхъ æмæ уымæй æмбæрста, бæх хæрз хæстæг кæй ис, уый. Уалынмæ бæхы сæр разынди. «Цалдæр къахдзæфы ма æмæ...» с — Тагъддæр, тагъддæр, Джогория! Фæлæ Хъараман йæ хæд чъылдыммæ айхъуыста адæмы къæхты хъæр. Æрбаййафынц æй! Бауырныдта йæ, бæхмæ кæй нал бахæццæ уыдзæн. Йæ хъыримаг фелвæста æмæ йæ бæхæн йæ тæккæ ныхыл ныццавта. Йæхæдæг хъæугæронырдæм атындзыдта. Фæдисæттæ афтæ æнхъæл уыдысты æмæ уыдоны æхсы, æмæ йæ уыдон дæр æмхуызонæй æхсын райдыд- той. Хъараман згъорынмæ дæсны уыди, чи зоны æмæ аирвæзтаид, фæлæ йæ алыварс æртыхстысты. Йæ хæд размæ фæци иу лæг фыдæлтыккон стыр хъыри- магимæ. — Мæнæ ис!—райхъуыст сæрдары дзурын. Хъара- маны бон, кæй хъæлæс у, уый раиртасын нал уыд. Сæрдар æм ныхъхъавыди, фæлæ Хъараман фæраздæр æмæ лæджы фæфæлдæхта. Иæхæдæг марды сæрты асæррæтт ласта æмæ æрбадæлдзæх ис. Нæмгуыты æхст не ’нцад; чысыл-иу фæсаб_ырдæр, стæй та-иу стыхджын. Уалын^æ йæ Гайозы хæдзары раз, цæхгæрмæ уын- джы баййæфтой æмæ йæ алыварс æртыхстысты. Ныр- ма йæ ныр бамбæрста, æгас хъæу дæр йæ фæдыл, раст бирæгъы фæдыл куыд бафтой, афтæ кæй цуан кæнынц, уый. «Ау, фыдæлтыккон тоиипы нæмыгæй фæ- мард уыдзынæн?» — Хъараман дæлгоммæ ахуыссыд æмæ хуылыдз зæххыл калмау абырыд. «Гайозы хæдзармæ куы баирвæзин, уæд уым хор- доны бамбæхсин. Гайозтæм бацагурын сæ хъуыдыйы дæр не ’рцæудзæн»... Хъараман уæлæмæ нæ сыстад, афтæмæй кауæй иу- къорд уисы раласта, æмæ дзы адæймагæн бабырыны фаг хуынкъ куы фæци, уæд ууылты хордонмæ ба- бырыд. Фæлæ йæ зæрдæ йе ’муд нæма æрцыд, афтæ- мæй хъæр айхъуыста: — Хордоны ис! 383
— Ма йæ рауадзут! Уый хордон нæ уыд, фæлæ хордоны бынмæ скъæт. Къуымы цы сæгътæ хуыссыдысты, уыдон знæтæй фес-* тадысты, оæ къубæлттæ раивæзтой æмæ сæ сæфтджы- тæй зæхх æртъæпп-æртъæпгæнгæйæ Хъараманмæ нык- кастысты. Хъараман цавддурау дуары раз лæугæйæ баззад. «Кæдæм бахаудтæн, кæдæм мæ æрбатардтой уыцы æлгъыст фæуинæгтæ! Ау, сæгъты фарсмæ амæл- дзынæн, хæрзаг мыл адæм хорз фæхудиккой!» Æддейы гæрæхтæ не ’нцадысты. Нæмгуытæ къул- тæ хостой. Хъараман сæгътæй иумæ бакасти. Сæгъæн уыди дынджыр сыкъатæ, кодта сæрыстыр каст... Хъара- манæн ныртæккæ уыдон тынг феххуыс уыдзысты! Йæ нымæт йе ’рагъæй феппæрста, сæгъыл æй æркодта, сæгъ æй ныццæвдзæн, ууыл дæр нал ахъуыды кодта, афтæмæй, йæ сыкъатæ йын басылыхъхъæй æрбатых- та, дуар чысыл базыхъхъыр кодта æмæ сæгъы æддæ- мæ рассыдта. Нæмгуыты гæрæхтæ бæстæ ныццарыд- той. Та’рст цæукъа кæрты къуымты акатайтæ кодта, цыма йæхи нæмгуытæй хъахъхъæдта, уыйау, стæй зæххыл æрхауд. Хъараманы æрмæст фæсайынæн иуцъусдуг хъуыди. Адæм талынджы нымæт æмæ басылыхъмæ гæсгæ цæукъайы æцæгдæр Хъараман фæхуыдтой æмæ скъæт рохуаты аззад. Хъараман уымæй фæпайда кодта, хор- донæйуыциу сыффытт раласта æмæ цæхæрадонырдæм йæ ных сарæзта. Згъоргæ-згъорын хъавыди кауы сæр- ты агæпп кæнынмæ, фæлæ йыл нæмыг сæмбæлди, фæ- цудыдта æмæ къанаумæ ныххауди. Йæ уд исгæйæ ма йæ хъустыл ауад: — Уый æз дæн — Гайоз, æз дæ амардтон!.. Къанау нарæггомау уыди, æмæХъараман йе ’уæхс- чытыл ауындзæгæй баззади. «Мæ цæсгом бынмæ у,— ахъуыды ма кодта ууыл.—Хъуамæ уæлгоммæ рафæл- дæхон... Æнæмæнг уæлгоммæ... Мæн хуыйы мард акæ- нын нæ фæнды... Æз... Æз...» йæ хъуыды кæронмæ нал ахæццæ. йæ сæр цъыф доны смидæг. Фæцыди доны пæлхъ-.пæлхъ, — уый уыди Хъараманы фæстаг улæфт. Змæст доны сæрмæ ахæлиу сты туджьГсырх- бын таппузтæ æмæ сæ дон сындæггай йемæ ласта. 384
Асатиани Мамиа АВДÆНГÆНÆГ Хæсты фæстæ Кутаисы фæзынди дыууæ стыр уын- джы. Фыццаг уынг, фаты хуызæн æмраст, бацыдис стадионмæ, дыккагыл та уал троллейбус ауадзыны фæнд скодтой. Троллейбусы фæндаг Ниношвилийы уынгимæ кæм баиу ис, Уым цæры авдæнтæ аразæг Сванидзе Иуане. Нуанейы æрмадзы дуары раз кæддæриддæр вæй- йы дзыхъынног авдæн ауыгъд. Дæллаг хъæуты кол • хозонтæ ууылты фæцæуынц. Авдæн бæрæг ран ауыгъд у. Цæуджытæн йæ уындæй сæ цæсгæмттæ барухс вæййынц, цьима сæ алкæмæн дæр йæ бинонты амонд раст уыцы авдæны мидæг вæййы. Иуанейы авдæнтæ иннæ авдæнты хуызæн не ’сты. Уый йæ авдæнты фæрстыл скъахы хур кæнæ мæй, куы æд цъиутæ ахстон, гъе та хуры тынты сæр- мæ хæрдмæ стæхæг бæлæтты. Се ’ппæты зæрдæмæ дæр цыди Иуанейы куыст. Иу-чидæр ма афтæ дæр загъта: — Ды авдæны фарсыл цы бæлон скодтай, уый мын мæ сывæллоны мидбыл худын сахуыр кодта. — Зонынц ын йæ кæнæджы æмæ худынц, уæдæ цы, — хъазæн дзуапп радта зæронд. Иуане ныр ацæргæ у, йæ зачъе астæумæ хæццæ кæны. Асæй уыйбæрц бæрзонд нæу, фæлæ нуарджын, бæзæрхыг арæзт. Йе ’ставд æнгуылдзтæ сæ фæтасæн- 25 Райдзаст Гуырдзцстон 38')
ты æппынæдзух дæр къæдз вæййынц, цыма æдзух лæгъзгæнæныл хæцы. Пълотничы чысыл фæрæт йæ коммæ кæсы, мæнæ хъисын фæндырдзæгъдæджы ком- мæ æрдын куыд кæса, афтæ. Иуане бон-изæрмæ куы фæдзура алыхуызон хъæ- ды мыггæгты тыххæй, уæддæр нæ бафæллайдзæн. — Бæлас, мæ хъæбул, адæймагæй уæлдай нæу, цардæй йын бафсис нæй, стæй æдзухдæр фæллой кæ- ны. Зæххы сой цъиры, сой зæнгыл уæлæмæ ссæуы æмæ бæласы сыфтæртыл æмæ дыргътыл ахæлиу вæй- йы. йæ низтæ дæр адæймаджы низты хуызæн сты. Суанг ма фадынæг дæр скæны. Тамакойы низ дæр вæййы. Бæласы хъæдæн йæ апп схæрог вæййы æмæ тамакойы хуызæн згъæлын байдайы. Рынчын нæзы бæлас уæлхъæдæй хус кæнын байдайы, рæуджытыни- зæй сæйæг адæймагау. Ахæм бæласы хъæдмæ лæгъз- гæнæн хæстæг нæ цæуы, фæрæты цæфæй та згъæлгæ кæны. Нæзы бæласæн йæ буар сырх у, цыма йыл сæн бакалдæуыдис, уыйау. Алы бæлас дæр йæ афоныл ка- лын хъæуы. Уæд йæ хъæд фидар вæййы. Ратас-батас нæ фæкæны. Æрыгон бæлас фæлмæн æмæ ивæзаг у, цардхъом нæу. Хорз авдæн сусхъæдæй кæнгæ у. Сус- хъæд цас фылдæр лæууа, уыйас тынгдæр æрттивы æмæ рæсугъддæр кæны. Сусхъæд авдæн узгæйæ хъист н-æ кæны, йæ узт фæлмæн у, авдæны зарæгау. Сывылдз дæр бæззы авдæнæн, фæлæ арæх рынчын кæны. Хус авдæны зулкъ куы бабыра, уæд æй хæрдзæн æмæ хæрдзæн, сывæллон фæлмæцын байдайы, йæ хуыссæг фæхауы. Сусхъæдмæ та зулкъ æмгæрон нæ цæуы, уый бахсынын йæ бон нæу. Уымæн у хорз, гье, сус- хъæдæй конд авдæн. Хæсты рæстæг куыст нал уыд, Иуанейæн авдæн ничиуал кæнын кодта. Æртыкъахыг бандоныл бадти йæ æрмадзы дуар- мæ æмæ тарæрфыгæй касти, йæ рæзты чи цыд, уьщы сылгоймæгтæм, — иæлгоймæгтæ хæсты уыдысты. Зымæджы Иуанейы æрмадзы ’ уынгæй уазалдæр уыд. Фыццаг-иу сыхæгтæн лæгъстæ кодта: ахæссут хъæды хафæнтæ, зæгъгæ. Фæлæ ныр йæхицæн дæр нал ис æмæ арт цæмæй скæна? Хæсты размæ ацы сыхы сывæллæттæ йæ хуыздæр хæлæрттæ уыдысты. 386
Иутæн дзы кодта гыдцыл хъазæн дзæбугтæ, иннæ- тæн—наутæ, кæмæн ъа-иу—авдæн йæ чындзытæн. Ныр æм сывæллæттæ дæр нал цыдысты. Се ’ппæт дæр вæййынц сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ сы- вæллæтты цæхæрадоны, сæ , мадæлтæ кусгæ кæнынц æмæ сæм чи кæса уæдæ! Æрмæстдæр ма йæм-иу æр- бауад йæ иу сыхаг. Уый афтæ кодта: сæумæцъæхæй-иу горæтыл æрзылд æмæ-иу сæкæр æмæ нæлхæ кæм ца- вæр талонмæ гæсгæ лæвæрдтой, уый базыдта. Иу ки- лограммы бæсты-иу самал кодта цыппар. Стæй сæ-иу туджы аргъæй уæй кæнын райдыдта. Æрмæст кæмæй тарст, уымæн-иу æй асламдæрыл радта æмæ йын-иу йæ хъусы бадзырдта: «Хорз адæймаг дæ æмæ мæхи- цæн стыр зынæй кæй самал кодтон, уымæй дæуæн «нагъ» зæгъын мæ бон нæу. Хуыцауы хатыры тых- хæй—макæмæн æй схъæр кæн, науæд нæ дыууæмæ дæр маст æрхаудзæн». Иуахæмы уыцы сыхаг бауад Иуанемæ. — Бандæттæ мæм нæй, дæ рын бахæрон, Иуане, зæххыл бадæм, уый дæ нæ бауырндзæн. Дæ хор- зæхæй, иу-дыууадæс бандоны мын скæн. Мæ зæрдæмæ куы фæцæуой, уæд мын ме ’стыр скъапп дæр скæн- дзынæ. Бафидыдтой аргъыл. Зæронд Иуане зæрдиагæй фæкуыста, фондз боны куыст æртæ бонмæ ахицæн кодта. Æмæ йæ сыхаджы бирæ кæй уарзта, уый тыххæй нæ ’хъардта йæ удæй. Уæдæмæ лæгьзгæнæн йæ къухмæ рагæй нал райста æмæ ныр куы баирвæзт, уæд ын бауромæн нал уыди. Дыууадæсæм бандон куы сцæттæ ис, уæд та йæ сыхаг фæзынди. Фæкасти бандæттæм, уырзæй сæ фесгæрста, алы къах дæр дзы хицæнæй зæххыл æркъуырдта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Стæй йæ цæст къуым- тыл ахаста, фæлæ дзы бандæттæ йедтæмæ ницы уы- ди. Иуане йæ фембæрста æмæ йын уынгæг зæрдæйæ бамбарын кодта: — Хæст цæуы, мæ сыхаг, хæст, кæй ма хъæ- уынц мæ авдæнтæ? % — Æмæ æндæр истытæ цæуылнæ аразыс? Зæгъæм, марды чырынтæ? Иуанейæн йæ буар ныддыз-дыз кодта. 387
— Цы загътай, цы? — бафарста йæ Иуане дис- гæнгæйæ. — Цы загътон? Марды чырынтæ, зæгъын, куы ара- ’ зис уæйæн, уæд цы хъыг дары? Ам дæр адæм мæ- лынц. — Дæ дзыхæй та куыд ссыди ахæм ныхас? — Æмæ уым диссагæй цы ис? Æхца бакусдзынæ! — Æз мæ цæргæбонты авдæнтæ арæзтон! Сывæл- лæттæн авдæнтæ! Чырынтæй кæй райсон, уыцы æх- ца та мын мæ къухта* басудздзысты, — фæхъæр код- та Иуане. — Нæ фехъуыстай, Синауридзе Теопилейæн, дам, йæ фырт хæсты фæмард... — Ницы фехъуыстон, — фæллад хъæлæсæй загъ- та зæронд лæг, æмæ бæласы бындзæфхадыл æрбадт; йæ къухтæй йæ сæрыл ныххæцыд æмæ ныхъхъуыды кодта. Стæй сындæггай фæстæмæ сыстади, йæ сыхаг- мæ мæсты каст бакодта æмæ йын сабыр, фæлæ мæс- тыйæ загъта: — Хæсты фæмард и, зæгъыс? Æмæ йæ зонгæ кæ- ныс, Теопилейы фыццагсывæллон кæмсхъомыл, уыцы авдæн чи скодта, уый? Цалынмæ авдæнæй сынтæгмæ бахызт сывæллон, уæдмæ мах йæ фыдимæ цас сæн банызтам, уый зоныс? Нæ, мæ сыхаг! Авдæнгæнæг ни- куы скæндзæн марды чырын! — фæхъæр та кодта зæ- ронд Иуане æмæ йæ цæстытæ, лæппуйы цæстытау, ферттывтой. — Нæ, мæ лымæн, æз авдæнтæ кæнын— царды артдзæст. Цал сывæллоны райгуырд, уал ав- дæны сарæзтон, уал амонды хайы бафтыд мæнæн мæ цардыл. Æмæ, дам, чырынтæ... Æхгæнгæ кæнын æз мæ æрмадз! Де ’скъапп дæр дыц нал аразын. Цæугæ, дæумæ мæ не ’вдæлы, тынг тагъд кæнинаг хъуыддаг мæ ис. - Æмæ йæ сыхаджы тæккæ раз Иуане бахгæдта йæ æрмадзы дуар æмæ рудзынг, цьимя сæ никуыуал бай- гом кæндзæн, уый хуызæн. 1950 азы, иу уалдзыгон бон Гегуты колхозы сæр- дар фынккалгæ бæхыл æрлæууыди Иуанейы æрмадзы раз. — Нæ фыды хай, Иуане, — загъта сæрдар зæронд 388
лæгæн, — нæ хъæуы адæм мæ дæумæ рарвыстой. Ды нын хъуамæ скæнай дæс æмæ ссæдз гыццыл хъæдын сынтæджы, фыццагон авдæнты хуызæн нæ, фæлæуæ- рæх сынтæджытæ. Сывæллæттæ дзы парахатæй куыд хуыссой, сæ тугдадзинты туг дзæбæх куыд зила, афтæ. Æрмæст сæ тагъд саразын хъæуы! Иуане бирæ хæттыты скодта фаззæттæн уæрæх, фидар авдæнтæ, фæлæ йын афтæ бирæ ахæм цыбыр рæстæгмæ никуыма кæнын кодтой. Сæрдар йæ мидбылты худгæ касти зæронд лæджы дисхуыз цæсгоммæ. — Иууылдæр дын куы сцæттæ уой, уæд-иу фе- хъусын кæн æмæ сæм машинæ сæрвитдзынæн! Колхозы шофыр сынтæджытæ машинæйы куы самадта, уæд Иуанейæн радта хуынды билет. Уый уыди цыгшæрæмы, хуыцаубоны та Гегуты хъæуы кад- джын уавæры хъуамæ байгом уыдаид сывæллæтты рæвдауæндон. Уалдзæг Имереты хурджын, æнтæф æмæ райдзаст вæййы. Гъемæ хуыцаубон дæр раст ахæм скодта. Зæронд авдæнгæнæг йæ зачъе рæсугъд ныффаста, йæ астæуыл йæ бæрæгбоны рон æвзист нывæфтыдти- мæ æрбабаста æмæ сау уæлдзарм худ ныккодта, уый дæр бæрæгбонты дардта. Лæдзæг райста, фæлæ йæ кулдуары раз фæстæмæ аппæрста. Ахæм амондджын бон æм Гегутмæ лæдзæгимæ ныццæуын æгад фæкасти. Иуане кулдуар йæ фæдыл сæхгæдта æмæ араст и Ниношвилийы уынджы. Машинæтæаразæн заводырдæм тагъд уздысты уæз- ласæн машинæтæ... Иуане базылд рахизырдæм, ног уынгмæ. Уынгæн йæ кæронæй зындысты бирæуæладзыг агъуыстытæ. Хурмæ цæхæртæ калдтой троллейбусы цæуынæн кæй сарæзтой, уыцы телтæ. Æмæ афтæ зынди, цыма телыхъæдтыл базыртæ базад æмæ цæргæстау стæхын- мæ хъавынц. Асфальтгонд фæндаг сойæ сæрстау æрттывта. Къа- * науты фалейы кæлдтытæй лæууыдысты телы стыр тыхтæттæ, хъæды лыггæгтæ æмæ дуртæ. Иуане сывæл- лоны хуызæн цингæнгæйæ æнхъæлмæ каст троллей- 389
бусмæ. Æмæ куыннæ цин кæна зæронд Иуане? Раз- дæр-иу сæ хæдзарæй халсарты базармæ фистæгæй са- хат фæцыди, ныр-иу цалдæр минутмæ уым балæу- дзæни. Троллейбус куы æрбацыд, уæд се ’ппæты ра- зæй мидæмæ бахызт Иуане. Æнхъæлмæ чи каст, уыдон ын, кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр фæн- даг радтой. — Дæ зæрдæмæ цæуы троллейбус, мæ фыды хай? — бафарста йæ игондужтор. Иуане ницы сдзырдта. Йæхи фæлмæн сæракцъар бадæныл ауагъта. «Раст авдæны хуызæн! — ахъуыды кодта йæхины- мæр, троллейбус куы фезмæлыд, уæд. — Дæсны къух- тæ йæ кодтой, æвæццæгæн!» Броцеулайы Иуане автобусæй рахызти. Цинавела- йырдæм фæзылд æмæ æфсæнвæндагмæ йæ ных еарæз- та. Гелаты æмæ Годогы къуыбыртæ хуры тынтæм тæ- мæнтæ калдтой. Фæндаджы фале, Гегутмæ хæстæг, Иуане ауыдта ног хæдзæрттæ æмæ дисы бацыд. Афæ- дзы размæ уым иунæг хæдзар дæр нæ уыди. Стыр быдыр уыди быруйæ æхгæд æмæ дзы куыс- той трактортæ. Зæронд лæг фæурæдта иу лæппуйы; йæ хæдоны æгънæджытæ æнæвæрд, йæ дыстæ мидæмæ тылд. — Ам цытæ кусынц, лæппу? — Ам, мæ фыды хай, ног хъæдæн бæлæсты тала- дон аразынц, — дзуапп радта лæппу, — ацы быдыры ныссадздзысты алыхуызон бæлæсты мыггæгтæ. Иу-æр- тæ азы фæстæ ма-иу фæкæс, цы хуызæн хъæд дзы æрзайдзæн, уый. Зæронд лæг бырумæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæ сæрты талатæм бакаст. Сæ сыфты нывæфтыдтæм гæс- гæ æмæ сæ цъармæ гæсгæ Иуане базыдта, наз дзы кæцы у æмæ дзы æхсæр кæцы у, уый. «Цы хорз у, ауылты кæй рацыдтæн, уый». Хъуыдытæгæнгæйæ зæронд Иуане араст Надар- базевийырдæм. Йæ сæрæй нæ хицæн кодта, ныртæккæ йып лæппу цы таладоны кой кодта, уый. Хæсты рæстæ- джы Гегуты колхозонтæ Надарбазевийы дæлвæзы ка- нал скъахтой æмæ дзы цæхæрадæттæ ныссагътой. Иуа- 390
не йæ къух каналы донæй ахуылыдз кодта æмæ йæ йæ цæсгом æмæ йæ боцъойыл æрхаста. Тамарæйы галуанæй ма баззад æрмæст хæлддзæг- тæ. Галуаны цъуппытæ турк ныппырх кодта, уый дæр раджы, тынг раджы. Баззадысты ма йæ къултæ æмæ уыдон дæр хæмпус цъæх хъуынайæ нал зынынц. Ар- дыгæй, бæлæсты талатæ чи сагъта, уыцы кусæг фæси- вæд хорз зындысты. Иуане æхсызгонæн касти Тамарæйы галуаны бæр- зонд къултæм дæр, стæй цъæх æрыгон талатæм дæр. «Нæ фыдæлтæ фидæрттæ арæзтой, ныр та æндæр хъуыддæгтæй, æндæр адæмæй хъуыстгонд у мæ бæс- тæ», — хъуыды кодта зæронд лæг. Гегуты колхоз «Ахали Схивийы» сывæллæтты рæв- дауæндон æрбынат кодта хъæуы рæсугъддæр хæдза- ры. Колоннæджын бæрзанд тыргътæ уыдысты нывæф- тыдтæй фæлындгонд. Кæрты фале уыди цæхæрадон. Тыргъты æмæ кæрты — бирæ адæм. Се ’ппæт дæр — бæрæгбон арæзт. Хæрзарæзт мадæлтæ сæ хъæбысты дардтой сæ мидбылхудгæ сывæллæтты. Зæронд Иуанейыл сæмбæлдысты кад æмæ радимæ. Райкомы секретарь тыргътæй æрхызти, Иуанейæн асинтыл ссæуынмæ феххуыс кæнынмæ; фæлæ зæронд йæхи фæхъæддых кодта, секретары къух иуварс акод- та æмæ тагьдгамау асинтыл суади. Бæрзонд, райдзаст уаты лæууыди дæс æмæ ссæдз дзыхъхъыннæуæг чысыл сынтæджы, сæ фæрстыл уы- ди, хуры тынтæм чи стахт, ахæм бæлæттæ. Уыдон æгас бæлæтты хуызæн тынг уыдысты, æмæ адæй- магмæ афтæ каст, цыма ныртæккæ къуыр-къуыр кæ- •нын райдайдзысты. Митинг байгом ис. Колхозы сæр- дар, райкомы секретарь æмæ колхозонтæ дзырдтой, хæстæндзарджытæ кæй нæ æрæнцадысты, фæлæ та ног тугкалæн хæст расайыныл кæй архайынц, ууыл. — Мах рæвдауæндæттæ аразæм, уыдон та адæмы цæгъдыныл хъуыды кæнынц. Зæронд авдæнгæнæг бадти президиумы, райкомы секретары фарсмæ. Лæмбынæгæй хъуыста доклад- гæнæгмæ æмæ уый йæ ныхас куы фæци, уæд сыстад æмæ загъта: 391
— Дыууæ ныхасы зæгъын мæ фæнды мæн дæр, байхъусут мæм. Адæм ныссабыр сты. — Мæныл тагъд сæххæст уыдзæн цыппарыссæдз азы, — райдыдта уый. — Æз æмбырды никуы раны- хас кодтон, фæлæ ныр зæгъдзынæн. Ног хæст бандза- рыныл чи архайы, уыдон р&дийынц. Махæн нæ адæм фæразон сты, фæлæ сæ куы ракъахой, куы сæ смæсты кæной, уæд сын æвзæрдæр уыдзæн. Кæсут-ма уæр- тæ,—зæронд лæг ризгæ къухæй ацамыдта чысыл сын- тæджытæм. — Уыцы сырдтæ адон ныццæгъдынмæ цæттæ кæнынц сæхи. Мæнмæ хæсты заман æппындæр куыст нал уыд, æмæ мын иу цъаммар адæймаг афтæ зæгъы, марды чырынтæ, дам, кæн. Æз æй уый тыххæй мæ æрмадзæй ратардтон. Мæхицæн ныфс бавæрд- тон, æрцæудзæн та, зæгъын, ахæм рæстæг дæр æмæ та адæмы мæ авдæнты сæр бахъæудзæн. Гъемæ уы- цы рæстæг æрцыди. Иу авдæн нæ, фæлæ дзы дæс æмæ ссæдз Ъумæ скодтон. Ныр цалынмæ цæрон, уæдмæ авдæнтæ кæндзынæн. Æз амондджын дæн, ме ’сконд авдæнты, адæмы чи ссæрибар кодта, ахæм хъæбатыр- тæ кæй хъомыл кодта, уымæй. Æмбырдыуæвджытæн Иуанейы ныхæстæ сæ зæр- дæтæм тынг фæцыдысты, æмæ сæ къухæмдзæгъдæй бæстæ ныццарыдта.
Готуа Леван ÆВÆНДАГ БАЛ Фæндаг — уый у бæстæтыл хæтынæн бæзгæ’ лæгъзгомау бынат. Саба-Сулхан Орбелианийы дзырдуатæй. Зæронд лæг бирæ фæзылди Алабы фидары алыварс. Кæй агуры, уыдон сыгъдæгæй дæр ам сты. Фæндагыл кæйдæриддæр фарста, се ’ппæт дæр ын ардæм амыд- той, гуырдзиæгтæ Алабы фидары сты, зæгъгæ, йын аф- тæ дзырдтой. Æмæ ностъейаг зæхкусæг Наскъидаш- вили Горгасал бамбæрста, йе ’мбæлттыл цы мæгуыры бон акодта, уый. Гуырдзиаг хæстон чысыл къорды хъысмæт лыггонд æрцыд, фервæзын кæнæн сын нал ис. Сæ райгуырæн бæстæйæ дард ран, Турчы зæххыл сыл гадзрахатæй рацыдысты æмæ сæ æрцахстой. Æмæ ма сын ныр чи баххуыс кæндзæн, чи сын фæ- тæригъæд кæндзæн? Турчы паддзахы вазир1 Хосро-паша, миййаг? Куыннæ стæй! Уый Георгий Саакадзейæ йе сæфт ра- гæй уыны. Ирайнæгтимæ хæстыты-иу йæхæдæг æм- былды кæй фæци, уый хъуыды дæр нæ кодта, фæлæ-иу Саакадзе алы хатт дæр уæлахизæй кæй рацыд, уый йын уыдис стыр масты хос. 1 В и з н р — министр. 393
/ Саакадзейы Каграман-Конийæн1 беглар-бекæй2 < куы сæвæрдтой, уæд Хосро-пашайы сæррамæ бирæ нал хъуыд. Æмæ Турчы паддзахы вазир Хосро-паша уæдæй фæстæмæ Саакадзейы ’ фæндагыл сусæгæй къæппæ- джытæ æвæрын байдыдта. Хосро-паша йыл сардыдта, æртæ хатты йæ дин чи аивта, уыцы «кяфиры»3, стæй ноджы вилайеты хъæз- дыджыты; Хосро-панга сусæгæй йæхи цæттæ кодта Саакадзейы ныддæрæн (кæнынмæ. Фæлæ Хосро-пашайы фыдвæндты тыххæй Георги- йæн афоныл фехъусын чындæуыд. Дард Конийы уæвгæйæ, Гуырдзымæ йын фæндæг- тæ иууылдæр лыггонд кæй æрцыдысты, уый æмбар- гæйæ, Георгий тагъд-тагъд æрæмбырд кодта фондзыс- сæдз барæджы æмæ Зæххастæуы денджызмæ йæ ных фæцарæзта. Цæмæй йын фæдисонтæ йæ фæд ма ссард- таиккой, уый тыххæй Алабы фæндагмæ балæгæрста, уый фæстæ Малатийырдæм базилыны зæрдæйæ. Æрмæстдæр ууылты уыд Гуырдзыстонмæ фæндаг, тынг зынцæуæн фæндаг. Хъуынтъызæй касти беглар-бек уыцы бонты. йæ сусæг хъуыдытæ никæмæн хъæр кодта, йæ зæрдæйы цы сæрыстыр фæндтæ уыд, уыдон ын ничи бамбæр- стаид. Йæ зæрдæйы ахаст ын йæ зæронд хæстон Горгасал Наскъидашвили дæр нæ зыдта. Ацы дунейыл зæронд Горгасал уарзта æмæ аргъ кодта æрмæстдæр гуырдзыйыл аудæг мадымайрæмæн, Саакадзе Георгийæн æмæ йæхи фырт Бежанæн. Æмæ та цытджын моурави4 Саакадзе Гуырдзы- йы куы ныууагъта, хæстон балцы цæугæйæ, уæд Гор- гасал дæр йæ фæдыл араст, йæ фырты йемæ акодта, афтæмæй. Ныр уыдон се ’ппæты дæр Алабы фидары бакод- той, зæронд Горгасал та уал нырма уæгъд у. Агъуыд бирæгъау катай кодта Горгасал ахæстоны 1 К а г р а м а н-К о н и й — Турчы зæххы иу облæст. 2 Б е г л а р-б е к — облæсты хицау. 3 «К я ф и р» — йæ дин чи аивы, ахæм адæймаг. 4 М о у р а в и — хицауиуæггæнæг. 394
алыварс. Горæт йæхи айтыгъта хохы фæхстыл. Фæз- зæг цæхæрадæттæ сызгъæрин доны стылдта. Зæхх у даричин дидинæджы хуызæн. Раст цыма судзгæ пецæй цæуы, ахæм тæвд дымгæ зивæггæнгæ йæ разæй хæссы змисы уылæнтæ. Фæндаджы рыг хидимæ æмхæццæйæ тулатæй хус кæны Горгасалы ныхыл. Дымгæ æнæнхъæлæджы æрбахаста тынг зонгæ ме- лодийы зæлтæ. Зæронд лæг ахæстоны цурмæ ноджы хæстæгдæр бахъуызыд. Ахæстоны дуар сызгæ. Нарæг топпуадзæн хуын- чъытæ æдзынæг каст кæнынц фидары алыварс быдыр- тæм. Цыма дынджыр уыг Ггæ базыртæ йæ фæрстæм æр- балвæста, уыйау фидарыл йæхи æруагъта бæрзонд мæсыг. Æмæ дымгæ æбæрæг зарæджы зæлтæ гъе уырды- гæй хаста. Горгасал лæмбынæг ныхъхъуыста. Йæ мотив ын равзæрста: «Атæх, мæ сау зæрватыкк, атæх»... Базыдта зарæггæнæджы хъæлæс. Уый йæ фырт зары, Бежан, хæстыты æмæ зындзинæдты заман тухитимæ кæй схаста, йæ уыцы иунæг фæдон. Бежан хъæбатыр, арæхстджын лæппу уыди. Бæхыл бадынмæ æмæ æхсаргардæй хæцынмæ йæ фыды хуы- зæн дæсны. Цард хорз нæма зыдта, фæлæ цы баца- гурæн ис нудæсаздзыд лæппулæгæй, йæ фындзы бын дæр куы нæма фæмил, уæд! Æмæ ныр уæртæ зары: «Атæх, мæ сау зæрватыкк, атæх»... йе’намонд фыдта уал нырма уæгъд у. Нырма! Æмæ кæннод знæгтæ гуырдзиаг хæстонты фидары бакодтой, æмæ сæ ууыл ныууадздзысты? Чи зоны, ныр тагъд... Горгасал йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Æмæ йæ цæрæнбонты фыццаг хатт бафиппайдта, йæ къух, бирæ тохты фæлтæрд къух, ныр куыд ныррызти, уый. Бирæ хæстыты чи сфæлтæрдта, уыцы къух ын ныр, уарихызы куы бахауа æмæуым куыд риза, афтæ ныр- рызти. — Ехх, ме ’намонд сæр, гъе! — бахъуыр-хъуыр кодта Горгасал, æмæ æнкъард хъуыдыты арф ацы- ди. — Ныр куыд? Цы бачындæуа? 395
Горгасал кæд базæронд ис, уæддæр нырма цæстæй хорз уыны, стæй йæ йæ зонд дæр нæма фæливы. Æмæ та ацы хатт дæр ницы ферох кодта, алцыппæт дæр ба- хъуыды кодта. Куыд æгъдауæй баззад иунæгæй кæйдæр бæстæ- йы? Дæс боны размæ æнæнхъæлæджы цæмæн фæхи- цæн йе ’мбæлттæй? Зыр-зыргæнгæ армытъæпæн йæ хурсыгъд цæс- гомыл æрхæсс-æрхæсс кæнгæйæ, Горгасалæн йæ цæс- тытыл ауад: ... Конийæ рацæугæйæ, Саакадзейы барджытæ уа- дысты хурсыгъд быдыры. ’ Уый уыдис августы кæрон, гуырдзиагау Маряйы мæй кæй хонынц, туркагау та Мухойы мæй, уый фæс- таг бонты. Хур афтæ æндæвта, æмæ хæстонтæм нал тых уыди, нал хъару. Бæхтæ æмæ теуатæн æхсæвæй-бонæй æнæрынцойæ цæуын сæ бон нæ уыд, Саакадзейы та уыдонимæ цоп- пай кæнынмæ не ’вдæлди, уый тынг тагъд кодта,æмæ- иу чи æрхауд, уыцы хайуанты фæндагыл ныууагътой. Чи слæмæгь, чи бафæллад æмæ йæ ныфс кæмæн асаст, уыцы хæстонтæн Георгий зæрдæтæ æвæрдта, фæстейы чи зад, уыдоныл-иу схъæртæ кодта. Мæнæ ехсæй ныцъыкк кодта Горгасалы бæхы, йæ разæй айс- та уырсы, стæй Горгасалы баййæфта æмæ йын фæсус хъæлæсæй загъта: — Хъус-ма, зæронд! Æз æмæ дæуæй хистæр нæ отряды ничи ис. Ехх, Горгасал, Гуырдзыстоны ма иу хатт фен, стæй уæд... Стæй цы уа, уый уæд!.. Георгий йæ ныхас кæронмæ нал фæци, кæуыны къуыбар ын йæ хъуыр ахгæдта. — Фендзыстæм æй, фендзыстæм, мæ хицау!—зæр- дæ йын авæрдта Горгасал, фæлæ йæ ныхæсты нырон- джы ныфс нæ уыди. Бæхтæ сæппæй згъордтой, сæ фæстæ задис æцæ- гаёлон, æдзæрæг дурджын зæхх. Цæст кæуыл нæ хæ- цыд, ахæм быдыртæ барджыты хицæн кодтой Гуыр- дзыйы райдзаст дæлвæзтæ æмæ хъæдтæй. Уыцьь дæл- вæзтæ æмæ хъæдтæн адæймаг арæх хи хæдзары, хи бæстæйы уæвгæйæ, аргь нæ фæкæны, фæлæ сæ куы 396
адард вæййы, уæд сæм уыйбæрц тынгдæр фæтындзы, сæ уындмæ тынг фæбæллы. — Æмæ цым-æ нæ фæндаг раст дарæм? — уай- дзæфгæнæгау бафарста Горгасал. — Нæ фæдзæгъæл стæм, ме ’лдар, ацы æнæхайыр æдзæрæг ран? Саакадзе йæ цæсты зулæй Горгасалмæ бакаст. — Нæ фæдзæгъæл стæм, зæгъгæ, мæ фæрсыс? Мæнмæ гæсгæ, мах раджы фæдзæгъæл стæм!.. Мæ цæргæ-цæрæнбонты рает фæндаг фæцагуырдтон, æр- тæ хатты мæ дин аивтон æмæ ныр зæрондырдæм стыр тæригъæдджын разындтæн. Кардæлвæстæй бирæ ал- вæндæгтыл фæцыдтæн æмæ-иу алы хатт дæр састы бынаты баззадтæн! — Георгий йæ къух йæ урсхил боцъойыл æрхаста. — Мæнæ гъе, цы ма мæм баззад, уый! — æмæ Горгасалмæ, алы фæндæгты рыг кæуыл сбадт, уыцы дынджыр къух равдыста. Йæ бæхы ехсæй мæсты дзæхст ныккæнгæйæ, моу- рави атахт, æлхынцъытæ цæджы хуызæн цы барджы- ты къорд ныддаргъ, уыдоны иувæрсты. Æнкъард, æрхæндæгæй касти Горгасал йæ фæдыл. Ацы хатт æм Георгийы уæхсчытæ фæкастысты лæ- мæгъ, гуыбыр. йе ’згъæр хæдон дæр æнахуыр зæбул- тæ æрци йæ хурмæ хус буарыл. Зæронд Горгасал-иу иунæг бакастæй алцыдæр бамбæрста, фæлæ ацы хатт йæхиуыл фæгуырысхо. Разæй зынди, Георгийы бæх йæ уайынæй цы ры- джы æврагъ сыстын кодта, уый. Горгасал æнкъардæй йæ цæст ахаста æцæгæлон æнæзæрдæрайгæ фæндагыл æмæ йæ хицауы фæдыл араст. Æвиппайды йын йæ риу цыдæр фæрæхуыста. Фæндагыл, рыджы мидæг, ауыдта ехс, — Горгасал æй базыдта, уый уыди сæ барджытæн сæ хъæбатыр- дæры уæззау ехс, Саакадзейы дыууæ кæронджын ехс. Уæртæ та иннæ хæттытау ныр дæр фæцæуы се’ппæ- ты разæй. Рыджы æхсæнæй ферттивы йæ сырх згъæр хæдон. Хуыскъ къалиуты хуызæн дыууæрдыгæй æрзæ- бул сты йæ дыууæ къухы, кардыл хæцын ахуыр дом- бай къухтæ. Зæронд Горгасал бамбæрста, сæ разæй ныронджы 397
æнæбасæтгæ бæгъатыр кæй нæ цæуы, фæлæ, фыдбон- тæ йæ тых кæмæн басастой æмæ йе ’згъæр хæдон уæз кæнын кæмæн байдыдта, ахæм хæстон. Хуры фæстаг тынтæ, чи зоны æмæ, рухс кодтой йæ хъысмæт лыггонд кæмæн уыд, уыцы адæймаджы фæстаг фæндаг. Горгасал æргуыбыр кодта, ехс систа, йе ’лдары баййæфта æмæ йæм æй радта. Георгий иунæг ныхас дæр не ’скодта. Нарæг, талынг комы ссардтой цъыфбын цъай. Æмæ сфæнд кодтой, фæстейы чи баззад, уыдонмæ ам банхъæлмæ кæсын. Фæллад, фæлмæцыд бæхтæ æмæ теуатæ ма сæ къæхтæ тыххæй истой. Горгасал загъта, комы бахсæвиуат кæнæм, зæгъгæ, æмæ та Георгий ницы сдзырдта. Стæй йæм зæронд Горгасал куы ба- уад, йæ бæхы æгъдæнцойыл ын фæхæцон, зæгъгæ, уæд моурави фæллад улæфт ныккодта: — Нæ хъæуы, ма фыдæбон кæн! Мæнæй афтæ, æмæ æз мæ саргъыл фидар бадын, афтæмæй та цæ- рæнбонты иннæтæн æгъдæнцойыл хæцæг уыдтæн, — загъта Георгий æмæ цъайы фарсмæ йæхи æруагъта. Горгасал йæ фыртæн пъалаткæ æрцаразын кодта, йæхæдæг тæвд змисыл ламаздзыхъхъ байтыд’та, дон æрбахаста, миййаг йе ’лдар, пысылмон æгьдаумæ гæс- гæ, ламаз куы кæна, зæгьгæ. Георгий æнæрвæссонхуызæй ламаздзыхъхъ йæ къа- хы фындзæй иуварс ассыдта. — Нæхи хуыцау мæ куы нæ уырныдта, уæд искæй дзуæрттæн куыд кувон? Георгий йæ сяерæй йе ’згъæр худ систа æмæ йæ ных ауазал кодта. Йæ болат кард дæр йæ разæй иу фарс ассыдта. — Цымæ ацы кард æдзух кадимæ хастон? Цы мæм нæ разындис й,ымæ фаг — зонд æви намыс? — Кæд нæ хуыцау нæ фесафид, — сабырæй загъта Горгасал, уымæн æмæ моуравийы ныхæстæ нæ бам- бæрста. — Æцæг хæстон лæг хъуамæ, йæхæдæг цы раст фæндаг равзæрста, æрмæстдæр ууыл цæуа, æнæкъуы- лымпыйæ, æнæфæстæмæ фæкæсгæйæ. Æмæ та’ йæ дыккаг хатт хæстон фыдæбæттæ бавзарын куы ба- 398
хъæуа, уæд хъуамæ хъæбатырæй æрлæууа, уый размæ цы къахвæндагыл ацыд, ууыл æмæ, раздæр цыдæрид- дæр бакодта, уыдæттæ та бакæна. — Хъуамæ афтæ уа., ме \лдар! — коммæгæсхуызæй сразы ис Горгасал Георгийы ныхæстыл. — Фæлæ мах дæр ныр æппынфæстаг нæ фыдыбæстæ — Гуырдзыс- тонмæ куы цæуæм. Моурави, цыма йæ хъуыдытæ хъæрæй дзырдта, æмæ Горгасал йæ разы нæ уыд, уыйхуызæн дарддæр йæ ныхас кодта: — Мæ хæстон фæндаг ацыди Индийæ Стъамбул- мæ! Афтæмæй та мæ Гуырдзыстоны сæрыл хæцын хъуыди. Горгасал фæтарсти: бамбæрста йæ, Георгий уыимæ нæ, фæлæ йæхиимæ кæй ныхас кæны. Уый хорзы нысан нæ уыди. Кæддæрты ма фехъуыста Горгасал йæ кадуарзаг æлдары сусæг хъуыдытæ. Уый уыди, Георгий йæ хойы паддзах Луарсабæн куы лæвæрдта, уыцы бон, чыщдз- æхоæвы. Дыккаг хатт та, Георгий Шах-Аббасы фарс куы фæци, уæд. Æртыккаг хатт — номдзыд къахе- тæгтыл æхсæвыгон хинæй куы !рацыдысты æмæ сæ куы ныццагътой, уæд. 0,х, æвæдза, куыд зын у уыдæттæ иууылдæр Горга- салæн йæ зæрдыл дарын. Стæй ма ноджы иухатт йæ хъуыдытæ хъæрæй дзырдта моурави, йæ алыварс уæвджыты нæ уынгæйæ. Уый уыди, йæ фырт Пааты сæрыкъуыдыр æ.м куы æр- бахастой, уыцы бон. Ноджы Базалеты раз, хæст фæуынмæ ’ввахс моу- равийы æфсæддонты се ’мбæстаг гуырдзиæгтæ куы æрбалхъывтой, уæд. Горгасалæн хуыцау сныв кодта, Саакадзейы бирæ фыдæбæттæ æмæ зындзинæдтæн æвдисæн куыд уы- даид, афтæ. Стæй æвдисæн дæр цæмæн? Архайæг! Кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд хæстон йе ’лдарыл тынг иузæрдион у, фæлæ ностъейаг зæхкусæгæн йæ эæрдæйы ис йæхи рæстдзинад, йæхи бæллицтæ. Ташис-Карийы, Марткобийы, Марабдæйы — уым æндæрбæстæгтимæ уæлахизон хæстыты Горгасал сыгъдæгзæрдæйæ уыди Георгийы фарс. 399
— Дæ бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсын, ме ’лдар, —’ сдзырдта Горгасал. — Ам ма дæ? Хорз. Байхъус уæдæ иу зондджын ныхасмæ, кæд æмæ уыцы зонд æз æмæ дæу ницæмæн уал бахъæудзæн, уæддæр.., Кардæй хæрам цæф куы ныккæнай, иунæг цæф дæр фæуæд, уæд æй ницæмæй- уалсраст кæндзынæ. Алы бакæнд хъуыддаг дæр хъуа- мæ уа сыгъдæг, хуыцауæн нывондаджы хуызæн сыгъ- дæг. Мæ къух хæсты быдыры домбай уыди, фæлæ мæ зæрдæ разынди лæмæгъ. Мæ бон нæ баци мæ зæрдæйы æдыхдзинад басæттын. Æрмæст кардæй хорз арæх- сын — уый цас лæгдзинад у? Саакадзе фестад æмæ йæ кард йæ кæрддзæмæй фæцъортт ласта. Ныдздзинг кодта хорасайнаг æндон æмæ æцæгæлон хус зæххы ныссагъд. Георгий карды фистон йæхимæ æрбаивæзта, йæ ком ын уисау æрба- саста æмæ дыууæ састы дæр дард фехста. — Ей-джиди, æмæ ныр, гуырдзиаджы туг кæуыл нæ ныхъхъæбæр, ахæм кард дæ къухтæм райс! — ныхъхъæрзыдта Георгий. Горгасал æнæдзургæйæ йæ кард йæ астæуæй рай- хæлдта, аба йын кодта æмæ йæ Георгимæ бадаргъ кодта. — Ай дын Наскъидашвилиты мыккаджы болат кард. Хатыр никæмæн кæны, фæлæ гадзрахатæй дæр никуы рацыди. — Æмæ Базалетийы раз цы хæст уыди, уый та? — Ныббар мын, ме ’лдар, фæлæ Базалетийы æз мæ кард йæ кæрддзæмæй не ’сластон. Ме ’мбæстæгты кæрдтæй æз мæхи хъакъхъæдтон мæ кæрддзæмæй. М’æнæ 1м>а æрбакæс! — æмæ йын йæ карды иæрддзæ- мы лыгтæ æмæ тæстытæ фенын кодта- Саакадзейы цæсгом фырмæстæй анцъылдтæ ис, йæхиуыл схæцыд, комкоммæ Горгасалы цæстытæм ба- каст, фæлæ зæронд хæстон йæ бынатæй нæ фезмæлыд, йæ сæр не ’руагъта, нæ фæтарст. — Æвæццæгæн, ды мæнæй зондджындæр дæ!.. Георгий куыддæр æрбабукъ, цыма æвиппайды фы- дыскъуыд фæци, уыйау фæгуыбыр, афтæмæй цатырмæ бацыд æмæ æмбæрзæн æнгом бахгæдта. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ Горгасал моуравийы нал 400
федта. Æмæ йæм фæлтау куы нæ дзырдтаид. Стæй фæлтау йæ къæхтæ куы ахаудаиккой æмæ йæ хицауы куы нæ ныууагътаид. Уæд ныр Горгасал дæр уыдаид моуравиимæ, йæ уарзон хъæбулимæ, йе ’мбæстæгтимæ, æмæ кæд æнæмæлгæ нал ис, уæд ахæстоны уыдонимæ амардаид. Фæлæ зæронд хæстон лæг стыр сагъæсы уыд сæ балы хъысмæты тыххæй. Фæстаг хатт ма Георгиимæ иумæ куы уыдысты, уæд уыцы æхсæв-бонмæ Горгасал фæхуыссыди йе ’лдары цатыры раз, куыд иузæрдион хъахъхъæнæг, афтæ, æмæ йæ цæст дæр не ’рцъынд кодта. Уæвгæ хæс- тои цæугæцард Горгасалы сахуыр кодта зыхъхъыр цæст æмæ къæрцхъусæй фынæй кæиыныл, чысыл уы- нæрмæ дæр фæгæпп кæнын æмæ кардмæ фæлæбурын æввонгæй. Фæсте сæ кæй сурынц, уый дæр Горгасалæн зынд- гонд уыди. Дойныйæ фæлмæцыд бæхтæ боныцъæхтæм ныммардысты. Æхсæв-бонмæ моуравийы цатыры фæ- сыгъди цырагъ, фæлæ йæхимæ никæй бауагъта... Гор- гасал йæ фырты райхъал кодта æмæ йæхи хъæппæри- сæй сæ дыууæ ацыдысты цæугæцардгæнджытæй бæх- тæ баивынмæ, на уый нæй, уæд та — тыххæй бай- сынмæ. Горгасал рæгъаугæстæм равдыста Георгий Саа- кадзейы бардзырд, фæлæ йыл уыдон ныххудтысты, ницæмæ йæ æрдардтой, Горгасалæн дыууиссæдз бæхы нæ радтой. Уæд фыд æмæ фырт сæ кæрдтæ фелвæс- той, рæгъаугæсты сæ халагъудмæ батардтой, устытæн та загътой, фысдонæй куыд никуыдæм ацæуой, афтæ. Тагъдуайаг æвæллад бæхты рæгъауимæ йæ фырты Георгиитæм рарвыста, йæхæдæг дыууæ фысы аргæвс- та, бастыгъта сæ æмæ сæнары артыл цуайнаджы мидæг йе ’мбæлттæн хæринаг фыцыныл балæу- уыд. Рæстæг цыди. Бонрæфтæм тынг сæнтæф и. Сихор- афонмæ Горгасал фенхъæлмæ каст сæхиуæттæй исты бæрæг хабармæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Зæронд хæс- тонæн йæ зæрдæ йе ’мбæлттæм æхсайдта æмæ, уымæ гæсгæ, хæринагæй йæ дзыхмæ дæр не ’схаста, фæлæ йæ уацайрæгтæн бакæрын кодта. 26 Райдзаст Гуырдзыстон 401
Изæрырдæм, хабархæссæгмæ \цæр нал фæкаст, аф- тæмæй йæ бæхыл абадт æмæ, цы комы æрбынат код- той, уырдæм фæцагайдта. Бахæццæ ис. Изæры фæлм комыл æртыхст. Уым æппындæр ничиуал уыд, — нæдæр барджытæ, нæдæр Георгий, нæдæр йæ фырт. Горгасал йæхиуыл дæр нал æууæндыд, кæд, миййаг, дзæгъæл фæдæн, зæгъгæ. Фæлæ зæронды йæ цæстытæнæ сайдтой: мæнæ, йæдон кæмæн байсыст æмæ æрмæст лæхъхъир æлыг кæм баззад, уыцы цъай, мæнæ зæххы лæууы, Саакадзе цы кард асаста, уый фындз. Моуравийы хъуыдытæ æмæ бæллицтæ дæр раст афтæ ныссастысты, ницæмæнуал сты. Горгасал йæ бæхы æхтæнгтæ балвæста, зæххæй Георгийы карды саст систа æмæ Алабырдæм атахт, йе ’мбæлтты фæд куы змисыл, куы та дурджын фæнда- гыл агургæйæ. Дыккаг бон райсомæй йе ’згъæр хæдоны æдде цыдæр бызгъуыртæ скодта, куыд ничи йыл фæгуырысхо уыдаид, афтæ; йæ бæхыл кæд тынг ахуыр уыди æмæ йæ бирæ уарзта, уæддæр æй аслам аргъыл ауæй код- та æмæ фистæгæй Алабмæ бацыди. Æмæ ныр номдзыд Саакадзейы хæстон лæг, нос- тъейаг зæхкусæджы фырт Горгасал лæууы фидары раз, йæ къултæ хъуынайæ кæмæн нал зынынц, йæ дуæртты та згæ кæмæн бахордта, уыцы фидары раз æмæ кувы хуыцаумæ, цæмæй исты амалæй бахауа,йæ хицау, йæ фырт Бежан æмæ йе ’мбæлттæ кæм сты, уы- цы ахæстонмæ. Горгасал уыцы æнамонд æхсæв йе ’мбæлтты цурæй куы рацыди, уæд цымæ йæ къæхтæ куыд нæ ахау- дысты? Фæлæ уæддæр, хуыцау, дæуæй бузныг! йæ хъысмæт æй æрбакодта ахæстоны дуæрттæм, æмæ сæ ныххойын хъæуы. Ау, нæ йын бакæндзысты дуар? Нæ йæ бауадздзысты мидæмæ? Исты, миййаг, ахæстонæй æддæмæ куы никæй уадзын кæны, æрмæст ын йæхи фæмидæг кæнæнт, æндæр сæ куы ницы агуры. Дуар- гæстæм йæ цæсгом равдисдзæн, йæхи сын бацамон- дзæн, æмæ йæ йе ’мбæлттимæ, гуырдзиæгтимæ бакæ- нæнт ахæстоны, Горгасалы фæнды уыдонимæ иумæ амæлын. 402
Худинаг æмæ æрдиаджы хъуыддаг бæргæ у бар- вæндонæй, æнæхъыпп-æнæсыппæй знаджы къухмæ хи раттын, ахæстоны къæсæрæй бахизын. Уæвгæ цæмæн хъæуы ныртæккæ Горгасалы æхсардзинад, намыс æмæ хæстон лæджы кадджын ном? Уыдæттæ йæ ницæ- мæн хъæуынц, стæй никæй хъæуынц, Саакадзейы кар- ды саст змисы куыд фесæфт æ,мæ уый куыд никæй- уал хъæуы, афтæ. Горгасал фидар къахдзæфтæй бацыд ахæстоны дуары размæ. Дуар цалдæр хатты бахоста, йæ къа- хæй йæ батъæпп кодта. Райхъуысти сæртт-сæртгæнаг къахдзæфты хъæр, дуары чысыл рудзынгæй ракаст хъахъхъæнæг æмæ туркагау мæсты фарст бакодта: — Кæй ма æрбахаста хæйрæг? Цы дæ хъæуы? — Дуар бакæн! Фæтæригъæд мын кæн, ахæстоны дуар бакæн! Кæсыс, мæхи къахæй йæм æрбацыдтæн, бархийæ. Курын дæ, æмæ мæ бауадз! — туркагау ныл- лæгъстæ кодта Горгасал æмæ йæ сæр йæ риуыл æр- уагъта. Згæхæрд æвдузæнтæн сæ хъинц фæцыд, дуар бай- гом, æмæ хъахъхъæнæг ехсæй зæронд лæджы ныдз- дзæхст ласта. — Æ, куыдзы фырт, гъе! Ахæстонмæ къæбæргур æрбацыдтæ? Горгасалæн йæ цæсгом туджы разылди, фырмæс- тæй ныррызти, фæлæ, йе ’згъæр хæдоны уæлæ цы бызгъуыр дарæс конд уыди, уый йæ зæрдыл æрбалæу- уыд, æмæ йæхиуыл ныххæцыди. — Цæв! Цæв мæ ноджыдæр! Афтæ мын хъæуы. Кæдæм æрбацыдтæн ай? Цæв мæ! Хъахъхъæнæгæн лæгъстæ кæнын нæ бахъуыди, ехс та æхситгæнæгау фæкодта, æмæ Горгасалы цæсгомыл тугæрхæм фæд аззад. Горгасал фæстæмæ йæхи аппæрста. Ехсы фындз уыди саджил, уæззау, уый уыди Геор- гий Саакадзейы ехс. Фæлæ йыл ныр Георгийы къух нæ хæцыди, фæлæ туркаг есаулы гуылмыз къух; хъахъхъæнæгæн йæ къух уыдис æртæ æнгуылдзы хъуаг — астæуыккаг, æнæном æмæ кæстæр æнгуылдз- тæ йыл нæ уыдысты. 403
Есаул мидæмæ бацыд æмæ дуар йæ фæдыл сæх- гæдта. «Уæ хуыцау, дæ хорзæх мæ уæд! Чи у ай? йæ хъæ- лæс мын зонгæ куы у», — джихтæгæнгæ хъуыды кæны Горгасал, ехсæй цæфты рыст дæр ницæмæ æрдардта, афтæмæй. Æмæ æвиппайды фæхъæр кодта: — А-а! Уый Алаби куы у! Алаби-Алеппо... Искан- дер-иу «Алеппо» дзырдта, «Алаби» нæ фæлæ. Зæронд лæг атындзыдта горæты базармæ. Дзол- гъо-молгъогæнæг уæйгæнджыты æмæ æлхæнджыты астæумæ бахаугæйæ, хъæр æмæ ахсты æхеæн Горгасал бирæ фæцагуырдта зæрингуырдты дуканитæ. Уым йæ цæст æрхæцыд пылыстæгæй конд боннымайæн фæрд- гуытыл: цыллæ æндахыл уыди дæс æмæ дыууиссæХз фæрдыджы -конд, æхсæрыйас сæрыкъуыдыртæ. Фыдлæвар дзаума! Горгасалæн йæ роны цы æхцатæ хуыд уыди, искуы мæ тыхст заман куы бахъæуой, зæгъгæ, уыдон йæ ронæй сласта, къупецагæн йæ фæрдгуыты аргъ ба- фыста, фæрдгуытæ хъавгæ райста, бафснайдта сæ æмæ фæлляд, рыгæйдзатæй, мæгуыргуры дарæсы йæ ных сарæзта -халсартæ уæйгæнæн бынатмæ. Уьим Гор- гасал балхæдта стыр харбыз æмæ та цалдæр минуты фæстæ уыди яхæстоны раз. Ныр дуар хоста уæндондæрæй, ныфсджынæй, ехсы цæфæй нæ тæрсгæйæ. Æмæ та гуылмыз есаул алы фыдæлгъыст калгæйæ рудзынгæй куы ракаст, уæд ын йæ къæхты бынмæ харбыз фехста. Сырх-сырхид, лæхурæг харбыз зæххыл ныппырх ис, йе ’ппытæ та, цæхæры’ стъæлфæнтау, алырдæм фæтахтысты. — Ацы харбызы адджын дон, Искандер, кæддæр дæу мæлæтæй чи фервæзын кодта, уый дын марг фес- тæд, ды мыл дæхи куы атигъ кæнай! Ахъуыды-ма кæн, ахъуыды кæн, Искандер, — ныллæг хъæлæсæй гуыр- дзиагау дзырдта Горгасал туркагæн. Есаул фестъæл- фыд æмæ йæ зылын хъамамæ февнæлдта. Горгасал йæ бызгъуыртæ аскъуыдта, равдыста йæ згъæр хæдон. Хъахъхъæнæг йæ гуылмыз къух йæ цæстыты сæр- мæ авæрдта æмæ зæронд лæгмæ ныккаст. 404
— Хъуыраныстæн, ды Горгасал дæ, ностъейаг, джауыр! Искандер саглæджы кæддæриддæр базон- дзæн! — æрдæг цъæррæмыгъдтытæй гуырдзиагау дзуапп радта есаул æмæ зæронды йæ хъæбысы нык- кодта. — Ам, Алеппойы, фембæлдзыстæм, уый æн- хъæл никуы уыдтæн!.. Дæ фенд мæнæн хъуамæ æх- сызгон уаид, фæлæ, раст куы зæгъон, уæд мын æхсыз- гон нæу. Ды дæр уыдонимæ дæ? Горгасал йæ сæр, о, зæгъгæ, батылдта. »- Цæугæ уæдæ! Куы дæ раййафой, уæд байсæф- тæ! Уæд дæуыл дæр уыдоны бон бакæндзæн! — Æз дæр уьгмæн æрбацыдтæн, æмæ мæ уыдони- мæ фæнды. Цыма хъахъхъæнджыты къæхты хъæр йæ хъустыл ауад, уыйау есаул йæ алыварсмæ аракæс-бакæс код- та, стæй загъта: — Куадзæнмæ æрбацыдтæ æви? Цæугæ! Дæ уæлæ сæры бæсты харбыз, миййаг, куы нæ ис. Уæхимæ, зæронд, зоидджындæр уыдтæ. Цы фыдбылыз дæ æр- бахаста ардæм дард бæстæйæ? — Мæ фæндагæй фæдзæгъæл дæн, Искандер. — Къофицымæндоны мæм банхъæлмæ кæс, æз дын раст фæндаг ссарынæн баххуыс кæндзынæн. Искаи- дер хорздзинад нæ рох кæны. Цæугæ! Есаул Горгасалы згъæр хæдон бызгъуыр дарæсæй амбæрзта æмæ фидары æфсæйнат дуары мидæгæй фæци. Горгасал æмæ есаул бадтысты сатæг къофицымæн- доны, къуымы. Хицау тæрхæджы раз рæдзæ-мæдзæ кодта. Цумайы лæппу Горгасалитæн къофи æрбахас- та, йæ сæрæй сын акуывта æмæ ацыд. Искандер æмæ Горгасал кастысты кæрæдзимæ, фæлæ дзургæ ницы кодтой. Гуырдзиаг хæстон сындæггай раппар-баппар код- та фæрдгуытæ, — пылыстæгæй конд сæрыкъуыдыртæ къæйттæ-къæйттæ змæлыдысты йе ’нгуылдзы æхсæн. Туркаг бакаст фæрдгуытæм, стæй та йæ гуылмыз къухмæ. — Равдис-ма! Горгасал есаулы бамбæрста æмæ йæ рахиз къухы 405
дыс мидæмæ батылдта. Зæрондæн йæ цонгыл уыди арф нос, рæмбыныкъæдзæй суанг цонджы хъу- лы онг. — Мæнæн’ дæр ме ’нгуылдзтæ нал разадысты, — йæ былтæ бахудызмæл кодта Искандер, Дыууæ лæджы сындæггай хуыппытæ кодтой бæз- джын, дзæбæхтæфгæнаг къофи, æнæ исты дзургæйæ сæ алчидæр мысыд йæ ивгъуыд цард, фæлæ сын уы- цы мысинæгтæ сæ зæрдæтæ нæ фæйлыдтой. Уый уыди ссæдз азы размæ. Туркаг æфсæдтæ ба- бырстой Гуырдзыстонмæ æмæ бахæццæ сты Кавказ- мæ. Разæй цы сгарджыты къорд цыди, уыдонимæ уыд Искандер. Ностъейы хъæуы кæрон Искандер фембæлд хъахъ- хъæнæг Горгасалыл, æмæ дыууæ лæджы схæцыдысты. Хъæбатырдзинадæй туркаг лæг Горгасалæй цауддæр нæ разынд. Сæ кæрдтæ-иу кæрæдзиуыл куы сæмбæл- дысты, уæд-иу цæхæртæ акалдтой. Дыууæ лæджы чи баиргъæвтаид, уый нæ уыдис. Горгасал йæ галиу къухæй дæр рахизы хуызæн арæхст æмæ уымæй уæлахиз кодта йе ’знагыл.. Иу рæстæджы Горгасал фæстæмæ-фæстæмæ цыдис, аф- тæмæй йæ болат кард галиу къухмæ раппæрста, фæлæ туркаг фæраздæр æмæ раст уыцы цъусдуг Горгасалы цонгыл, — рæмбыныкъæдзæй цонджы хъулы онг, — йæ кард æрхаста. Стæй та ноджыдæр. Уæд гуырдзиаг хæстон йæ тыхтæ æрбамбырд код- та, йæ карды ком баивæзта йе ’знаджы болат æхсар- гарды хæцæнмæ æмæ туркаджы къухы æртæ æнгуыл- дзы ахауын ласта. Искандер йæхи куы æрæмбæрста, уæд кæсы, æмæ кæм хæцыдысты, уым бастæй хуыссы. Дардæй цыди трубаты уасын, уыдон хъусын кодтой, гуырдзиæгтæ се’знæгтыл кæй фæуæлахиз сты, туркæгты сæ разæй кæй асырдтой, уыцы хабар. — Дон! — ныхъхъæрзыдта цæф туркаг. — Æмæ дæ бæстæйы суадæттæ хуыскъ баисты, Гуырдзыстонмæ дон агурæг цæмæн æрбацыдтæ? — обустæ йыл кодта Горгасал (Горгасал туркагау æм- бæрста). — Нæ, Алеппойы суадоны дон тынг хæрзад у, — 406
ныуулæфыд туркаг. — Фæлæ мæ п’аша иу ран нæ ныу- уагъта. Æмæ кæннод дæуæн дæ бар дæхи у?.. Састæй баззайæг знаджы ныхæстæ бахъардтой хæларзæрдæ Горгасалмæ. Уым хæстæг ран суадæттæ æмæ цъайтæ нæ уыд, фæлæ ауад æмæ цæхæрадонæй харбыз æрбадавта. Тугæй ахуырст карды ком Горгасал йе ’знаджы дарæсыл ныссæрфта, харбызæй иу карст ралыг код- та æмæ йын йæ фæлмæн Искандеры былтыл авæрдта. Харбыз уыди туджы хуызæн сырх. — Хуыцау ме ’вдисæн фæуæд, æз дын дæ хорз- дзинад никуы ферох кæндзынæн!—сындæггай сдзырд- та цæф туркаг. Горгасал йе ’знагæн йæ дойны куы басаста, уæдын йæ цæф дæр бабаста. Хæст банцад, Гуырдзыстон æрсабыр. Хосгæ- нæн кæрдæджытæй Горгасал сдзæбæх кодта йæ уа- цайраджы. Иумæ сарæзтой Горгасалы хæдзар, тур- кæгтимæ хæсты рæстæджы чи басыгъдис, уый. Иумæ арæзтой Ностъейы мæсыджы къултæ. Стæй æртæ азы фæстæ Горгасал йæ туркаджы баивта сæ хъæуккагыл, Турчы уацары чи бахауд, ахæмыл. Искандер сæхимæ куы цыди, уæд Горгасалæн æф- сымæры хъæбыс ныккодта. Уæдæй ардæм рацыди ссæдз азы, æмæ ныр фем- бæлдысты Алеппойы, Искандеры райгуырæн бæстæйы; сæ амондæн у æви се ’намондæн, уый бæрæг нæу, фæ- лæ уæддæр æнæнхъæлæджы фембæлдысты. — Ды галиуæг кæй дæ, уымæн мæ басастай уæд,— загъта есаул. — Галиуæджы тыххæй нæ, фæлæ мæ бæстæйыл иузæрдион кæй дæн, уый руаджы дæ басастон. Æз мæ райгуырæн зæхх хъахъхъæдтон. * — Ныр та? — Ныр æз фембылд дæн. Цы йыл дзурæм ууыл та! Стæй дæ ахæстоны чи бады, уыдон дæр фембылд сты. — Уымæй раст зæгъыс, райсом сæм хорз бон не ’нхъæлмæ кæсы! — загъта Искандер. — Се ’ппæтмæ дæр? — Цал фæрдыджы ис дæ боннымайæн фæрдгуыты 407
басты? — бафарста туркаг, Горгасалæн дзуапп рат- тыны бæсты. — Дæс æмæ дыууиссæдзы. Дæс æмæ дыууиссæдз сæрыкъуыдыры. Æрбакæс-ма! Адæймаджы сæрыкъуы- дыртæ. Айс сæ мæнæй лæварæн, — æмæ Горгасал Ис- кандермæ фæрдгуытæ бадаргъ кодта. Есаулы цæсгом фенкъард и. — Æз дæр хъуамæ Хосро-пашайæн Конимæ дæс æмæ дыууиссæдз сæрыкъуыдыры нылласон. Дæс æмæ дыууиссæдзы! Иннæты та хъуамæ, хъадамантæ сы’л æвæрд, афтæмæй уæймæ акæнон: базаргæнджытæ уа- цайраг гуырдзиæгтæн хорз аргъ фæдæттынц. Горгасал æрвдзæфау фæци. — Дæс æмæ дыууиссæдз?! — зæронд хæстон цы- фæнды фыдцау фехъусынмæ дæр цæттæ уыдис, фæлæ ныр йæ хæлар-ызнаджы дзыхæй цы тæрхон фехъуыс- та йе ’мбæстæгтæн, уымæй йæ зæрдæ ныррыст.—Кæй- ты? Дзур, Искандер! — Уæ хæстон фæтæджы æмæ уе ’взаргæдæр хæс- тонты, — æргом дзуапп ын радта есаул. — Æмæ ныр та цы ми кæнынц уым, ахæстоны?— Горгасал бынтон æндæр цæмæйдæр бафæрсинаг уыди, фæлæ йæ хъуыдытæ йæ сæры сæмхæццæ сты, улæфт ын фаг нал кодта. Цыма йæ Горгасал йæхæдæг, хæс- тон лæг уæвгæйæ, нæ зыдта, амарыны тæрхон кæмæн рахæссырц, уыдон цы ми фæкæнынц, уый! — Цы ми кæнынц, зæгъыс? Зарынц! — Искандер дисгæнæгау йе ’уæхсчытыл уæлæмæ схæцыди. — Диссаджы адæм цтут, гуырдзы, сымах: кусгæйæ дæр заргæ кæнут, хæцгæйæ дæр заргæ. Чындзæхсæвты за- рут! Мæлæты размæ дæр заргæ! Кæнæ æрратæ стут, кæнæ та уæ фырзондджынæй афтæ кæнут. — Есаул стъолмæ æхца æрæппæрста æмæ сыстад. — Фæлæуу-ма, фæурæдта йæ Горгасал. — Иууыл- дæр зарынц? Æмæ уæд се ’ппæты æрыгондæр та? За- рæгамонæг? Иæ ном Бежан... — зæронд лæг йæ урс боцъомæ февнæлдта æмæ йæ йæ къухы æхсæн ныл- хъывта. — Кæцы сæ у Бежан та?.. А-а! Æрхъуыды йæ код- тон. Фæлæуу-ма, фæлæуу, уый дæ фырт ма уæд? "Дæ 408
хуызæн тынг у! — Уыцы ныхæстæй Искандер афтæ фæтарст, æмæ йæхимидæг ныккæрзыдта. — Нæу, — сæфсон кодта Горгасал. Æмæ йæ лæ- мæгъ зæрдæйæ, ома, нæ загъта сайæн ныхас, фæлæ йын, миййаг, Искандер куы фæтæригъæд кæна æмæ йын йæ фырты тыххæй æцæгдзинад куы нæ схъæр кæна. Туркагæн йæ зæрдæ æрбауынгæг. Æмæ куыннæ, уымæн дæр фырт уыди. — Нæ, нæ, уый уыдонимæ нæй, — цыма йын уæл- дай нæу, ахæм хуыз æвдисгæйæ дзуапп радта Искан- дер, æмæ Горгасалы къухтæй фæрдгуыты хал райста. Туркагæн йæ сæрыхъуын арц сбадт. Йæ сахъат къухы уыдис дæс æмæ дыууиссæдз сæрыкъуыдыры. Хъуамæ уый дæр пашайы дзырдмæ гæсгæ уацайрæг- ты амара æмæ дæс æмæ дыууиссæдз сæрыкъуыдыры Конимæ аласа. — Искандер, фæтæригъæд мын кæ... Бежан мæ фырт у, мæ иунæг фырт! Ма мæ сай! Сайгæ мæ ма кæн. Раст мын зæгъ. Чи зоны æмæ йын баххуыс кæнон! — Цæмæй йын баххуыс кæндзынæ? — йæ мидбыл- ты зына-нæзына бахудти есаул. — Мæ фырты сæр мын ратт! Искандер ницы дзырдта, æрмæстдæр фæрдгуытæ йе ’нгуылдзты æхсæн раппар-баппар кодта, зæронд лæджы цæстытæм бакæсынæй тæрсгæйæ. — Омæ мын нымад сты. Хъуаг куы рауайой, уæд мын паша мæхи сæр акъуырын кæндзæн! — Дæхи сæр! — ныддис кодта Горгасал. — Уæдæ дæ сæр? — хынджылæггæнгæйæ загъта есаул. — Бæгуыдæр мæ сæр! Уадз æмæ мæ зæронд сæр нвшады фæуæд. Пылыстæгæй куы нæ у, миййаг! Горгасал уыцы ныхæстæ загъта æнцадæй, æвæл- м&стхуызæй, цыма хуымæтæг хъуыддаджы тыххæй дзырдта, афтæ, æмæ та Искандерæн йæ сæрыхъуын арц сбадт. Туркаг Горгасалы риуыгънæджытæ сæф- тыдта, йе ’нцъылдтæ къубалыл ын йæ къух æрхаста æмæ загъта: 409
— Æмæ дæм дæ сæр искæй тыххæй раттынæн æв- гъау нæ кæсы? , ; . — Цæмæн искæй тыххæй? Мæ фырты тыххæй! Дæ- хæдæг дæр фыд куы дæ, Искандер. Стæй мæ куыннæ æмбарыс? Æз мæ цæргæ-цæрæнбонты Георгийыл мæ зæрдæ куы никуы сивтон, æппынæдзух дæр йемæ куы уыдтæн, уæд æй ныр куыд ныууадзон? Хуыцауæй буз- ныг, æз бирæ фæцардтæн, бирæ фыдæбæттæ федтон, æз мæ цард æгасæй дæр Георгийæн радтон. Уымæй раст дзырдта Горгасал. Бирæ фессæстой сæ бæхтæ кæйдæр зæххытæ, стæй сæхи фыдыбæстæйы зæххытæ дæр. Цы ран, цы бæстæйы нæ уыди Саака- дзейы иузæрдион хæстон, цал æмæ цал хатты бав- зæрста уæлахиздзинады цин дæр æмæ састæй базза- йыны зæрдæрыст дæр! Ахæм рæстæджытæ дæр-иу скодта, æмæ Горгасал Георгийы митыл разы кæд нæ уыд, фæлæ уыйæрмæстдæр йæхинымæр; æмæ-иуГеор- гий йæ кард йæхи æмбæстæгтæм куы сласта, уæд-иу Горгасал та йæхи йæ кæрддзæмæй хъахъхъæдта; аф- тæ кæй уыди, уымæн æвдисæн сты, йæ кæрддзæмыл цы ностæ æмæ лыгтæ ис, уыдон. Фæлæ Горгасал йæ кард гуырдзиаг тугæй никуы сахуырста. Йæ цард æгасæйдæр Саакадзейæн лæвæрд кæм уыди, йæ цард иудадзыгдæр хæстон стæрты æмæ Геор- гийы хæстон тырысаты бын кæм арвыста, уым хъуа- мæ мæлгæ дæр иумæ акæной. Горгасал æмæ Искандер къофицымæнæй рацы- дысты. Æхсæв уыди æнуд, хуссайраг æхсæв куыд вæй- йы, афтæ. Горæт цыма хæсгæ ачындæуыд, уыйау дзы змæлæг нæ зынди. Дыууæйæ дæр сæ ных сарæзтой ахæстонырдæм. Искандер хъæбæрзæрдæ адæймаг уыди. Къуырд сæртæ йын-иу куы нымайын кодтой, уæд йæхи æндæр- хуызæн дæр нæ фæкодта, фæлæ ныртæккæ цы загъ- таид, уый нал зыдта. — Искуыдæр ма уый æрцыд? — хъуыр-хъуыр код- та йæ фындзы бын. —Искæй сæры бæсты дæхи сæр куыд дæттыс? — Мæ фырты фервæзын кæнон, Искандер, мæ фырты! Мæ фырт æгас у, уый куы зонон, уæд æнæмæ- тæй амæлдзынæн! 410
Фидармæ сæ бирæ нал хъуыд, афтæ Горгасал йæхи фæразæй кодта, йæ зонгуытыл æрхауд æмæ есаулы къухтæм фæлæбурдта. Никуы æрлæууыд зæронд хæс- тон йæ зонгуытыл: нæдæр Саакадзейы раз, нæдæр паддзахы раз, æрмæстдæр-иу хуыцауæн куывта æр- зоныгыл кæнгæйæ. Фæлæ ныр туркаджы раз йæ зон- гуытыл æрлæууыд. — Афтæ бакæн, æмæ дын хуыцауы зæрдæмæ дæр æмæ адæймаджы зæрдæмæ дæр куыд фæцæуа! Искандер ын йæ ныхæстæ нæ фехъуыста. — Ехх, гуырдзы, йæ! Зарынц та! Диссаджы адæм! Сабыр æнæуынæр уыди æхсæв Алеппойы. Ахæсто- нæй хъуысти гуырдзиаг зарæг, иуæй хъæлдзæг, иннæ- мæй та æнкъард. Æцæгæлон æгомыг зæхх, стæй Ис- кандер æмæ Горгасал хъуыстой уыцы зарæгмæ. Зæронд базыдта йæ фырты фæлмæн зæрдæмæ- дзæугæ хъæлæс. Зарæгамонæг уый уыди. Бежанæй-иу зарæг айста Гогиа, бæзджын хъæлæсæй та Папуна хъырныдта. Фæлæ цымæ уыцы амцæф-уымцæф хъыр- ныд та чи кæны? А-а, уый сыгъдæгæй дæр зæронд Тедо у, — бакъуырма ис, мæгуыр, хæстон царды ту- хæнтæ æвзаргæйæ. Нæ дзы хъуысы æрмæстдæр Георгийы хъæлæс, се ’ппæтæй тыхджындæр, се ’ппæтæй карздæр æмæ се ’ппæтæй барджындæр хъæлæс. Горгасалæн та йæ цæстытыл ауад, хур куы фæцæй- ныгуылд, уæд Саакадзе фæндагыл куыд адард ис, уый, рыджы æхсæнæй йæ сызгъæриндонытылд згъæр хæ- дон куыд æрттывта æмæ йыл хуры фæстаг тынтæ куыд хъазыдысты, йæ къухтæ, йæ кардыл ахуыр къух- тæ хус къалиуты хуызæн дæлæмæ куыд æрхаудтой, уыдæттæ. «Цы мæм нæ разындис цымæ фаг — зонд æви намыс?!» — бафарста уыцы æхеæв Саакадзе Гор- гасалы. Горгасалы зæрдæ ныррысти, адæймаг иунæгæй куы баззайы, уæд ын куыд фæриссы, афтæ. — Æгады ном дыл сбадæд, ды раст цы у, уый куы нæ бакæнай! — карзæй загъта уый Искандерæн. Искандер йæхи Горгасалæй атыдта æмæ тагъд- тагъд ацыд. 411
— Боныцъæхтыл мæм ацы ран æнхъæлмæ кæс! Ма-иу бафæстиат у, æз дæм фæзындзынæн! Æмæ Искандер фидармæ бацыд. Хъахъхъæнæг ма рудзынгæй ракаст фæзмæ. Зæ- ронд лæг лæууыд йæ зонгуытыл æмæ æнувыдæй хъырныдта ахст адæмæн. Горгасалæн йæ бар уыди æнæхъæн æхсæв, — мæ- лæтмæ цæуæгæн ма уый æгæр бирæ рæстæг дæр у. Хæстæгдæр цъайы раз раласта йе’згъæр хæдон æмæ йæ батыхта. Хæдоны фарсмæ æрæвæрдта йæ æнæсайд кард æмæ Саакадзейы карды саст. йæ дзау- мæттæ рыг æмæ хидæй ныхъхъæбæр сты. Горгасал сæ цæхсадта, ныллæмæрста сæ æмæ сæ хуылыдзæй йæ уæлæ скодта,—хæстон лæг хъуамæ йæ мæлæтыл сыгъ- дæг дзаумæтты мидæг сæмбæла. Зæронд Горгасал йæ цæсгом дæр цæхсадта, æцæгæлон фæндæгты рыгтæй йæ ссыгъдæг кодта, стæй йæ хуылыдз къух йæ бæрзæ- йыл куы æрхаста, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йыл уазал æндон аныдзæвыд. Иуцъусдугмæ йæ цæстытæ фæцъынд сты, цыма а дунейæ ахицæн, уыйау, фæлæ зæронд л-æг уьшæй нæ фæтарст, нæ барызт йе ’фхæрд зæрдæ. йæ хъуырæй, йæ мад ыл кæддæр цы крест бакодта, уый дæр рафтыдта, згъæр хæдонимæ йæ цæвæрдта æмæ се ’ппæты дæр иумæ бабаста. Стæй йæ армыдзыхъхъæй уазал дон банызта, йе стонг æмæ дзы йæ дойны басаста æмæ фæстæмæ ахæс- тонырдæм рараст. Цыди сындæггай, фæлæ бæлвырд, фидар къах- дзæфтæ кæнгæйæ. Æхсæвыгон уый цыдис æцæгæлон, æдзæм горæты уынгты, æмæ йæм афтæ касти, цыма Гуры фидармææрбаввахс кæны, дæлæ бынæй та Гуыр- дзыйы дæлвæз зыны, уартæ уым, дард кæмдæр та цы- ма Къуары дон сæр-сæр кæны æмæ Леуахи йæхи дур- тыл хойы. Талынджы йæм фидары къулты æндæргтæ кастысты Триалеты цъуппы хуызæн. Горгасал ахæстоны раз йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ арвы сабырдзинад- ’мæ ныхъхъуыста, фæлæ йæм уый ницы сдзырдта, йæ куывдтытæм ын йæ хъус не ’рдардта. 412
Уæд йæ хъус уазал зæххыл авæрдта, фæлæ зæхх дæр йæ хъæбулæн ницы дзуапп лæвæрдта, — раджы ныссабыр сты, дард балцы чи ацыд, уыцы балы мыр- мырæгтæ. Афтæмæй Горгасалыл бон æрбацъæх. Боныцъæх- тыл ахæстоны дуар æнæхъистæй байгом, æмæ йын Ис- кандер æнæдзургæйæ туркаг салдаты плащ рап- пæрста. Горгасал фæстаг хатт йæ уæлæ скодта кæйдæр дзаума, цæмæй уый мидæг «кæйдæр» адзалыл сæм- бæла, уый тыххæй. Йе ’згъæр хæдон, йæ кард, Саака- дзейы карды саст æмæ йæ крест кæм уыдысты, уыцы хызын Искандермæ радта æмæ йын балæгъстæ кодта: — Адон-иу æм ратт! йæхæдæг æнæгуырысхойæ бацыди ахæстонмæ. Сихорафон, бон йæ тæккæ тæвдыл куы уыди, уæд Алабы фидары дуарæй рараст и теуаты бал. Теуатыл уыди дынджыр, уæззау хордзентæ ауыгъд; арцджын барджытæ ехсытæй æмæ фыдæлгъыстытæй размæ тардтой, хъадамантæ æвæрд кæуыл уыд, уыцы уацай- рæгты. Бежан цыди æппæты фæстаг теуамæ бастæй. Ры- джы мидæг тыхулæфт кодта. Фæкæл-фæкæл кæнгæйæ, лæппу æвæлмæстхуызæй скаст балы хистæрмæ; балы хистæр йæ саргъыл бадти хъалæй, йе ’нгуылдзты æх- сæн раопар-баппар кодта пылыстæгæй конд фæрдгуы- тæ. Бежан хъуыддагæн ницы бамбæрста. Теуайы бал æрцæйцыдис уырдыджы; теуатæ сæ уасынæй не ’нцадысты, бæстæ мыр-мырæгты дзæгъ- дзæгъæй байдзаг; æмæ Бежан нырма ныр бафиппайд- та, уацайрæгтæ куыд гыццыл сты, уый. «Ау, æмæ Конимæ не ’ппæты не ’рвитынц?» — ахъуыды кодта йæхинымæр, йе ’мбæлттæй бирæтыл ам йæ цæст куы нæ æрхæцыд, уæд. , Уацары цæмæн бахаудысты, уый Бежан хорз зыдта. Саакадзе йæ хæстонтимæ цы комы æрбынат кодта, Бежан уырдæм бæхты рæгъау куы æрбаскъæрдта, уæд дзы баййæфта, фæсте сæ цы бал сырдта, уыдон раз- дзог Зора-пашайы минæвæртты. Минæвæрттæ Георги- 413
мæ радтой Азам-вазиры фыстæг. Уым фыст уыди ба- фидауыны тыххæй, æмæ Саакадзейы йæ хæстонтимæ хуыдтой Алабмæ. Минæвæрттæ ард хордтой, Саака- дзейæнæмæ иннæ гуырдзиæгтæн æппындæр кæй ни- цæмæй тас у, уый тыххæй. Цæмæн баууæндыди уæд Георгий уыцы гæды со- мытыл, æнæуи йæхи алцæмæй дæр тынг хъахъхъæнаг куы уыди, уæд? Суанг ма æрыгон Бежан дæр куы бам- бæрста, минæвæрттæ гæдыныхæстæ кæй кодтой, уый. Саакадзе уæд Бежаны цæуылнæ ауагъта йæ фыдмæ фæтъæбæртт кæнын? Зондджын, фæлтæрд Горгасал уайтагъддæр бамбæрстаид знаджы хин митæ. Æрмæстдæр уый фæстæ, ахæстоны бадгæйæ, бам- бæрста Бежан, Саакадзе уыцы сомытыл тынг кæй не ууæндыдис, фæлæ, йе ’ндон кард куыд асаст, афтæ йæ ныфс, йæ бæгъатырдзинад дæр саст кæй уыди. Саакадзе йæхиуыл йæ зæрдæ нал дардта, искæуыл æууæндын та зонгæ нæ кодта, стæй йæ фæндгæ дæр нæ кодта. Ныр Гуырдзыйы хицауиуæггæнæг, Шах-Аббасы æфсæдты раздзог Каграман-Конийы беглар-бек æдзæ- мæй лæууыд, йæ дзых бамыр и, уымæн æмæ йæ хæс- тон бал кæйдæр зæххыл фæдзæгъæл ис, Георгий йæ райгуырæн бæстæмæ фæндаг нал зыдта. Алабмæ куы æрцыди æмæ йæ пашамæ куы хуыд- той, уæддæр Саакадзе йе ’мбæстæгтæн иу хъарм ны- хас нæ загъта — йæ барджытыл йæ цæст ахаста æмæ афтæмæй ацыд. Уыцы бон сæ чысыл къордгæйттæй хæдзæрттыл байуæрстой, хæринаг æмæ сын нуазинаг бахастой. Уый уыди гадзрахаты ми, уымæн æмæ сæм æхсæвы ныббырстой, хъадамантæ сыл бакодтой æмæ сæ ахæс- тоны баппæрстой. Саакадзейыл дæр хъадамантæ сæвæрдтой, аф- тæмæй йæ бакодтой Алабы фидары рахиз мæсыджы, йемæ ноджы дæс æмæ дыууиссæдз хæстоны; иннæты та галиу фарсы мæсыджы. Бежан дæр рахиз мæсыджы бадти. Уацайрæгтæ сæхи ирхæфстой æрмæст сæхирдыгон зарджытæй æмæ-иу рахиз мæсыг куы райдыдта, уæд-иу галиу мæ- сыг дæр базарыди. 414
Иуахæмы, боныцъæхтыл, уацайрæгты иугай æддæ- мæ кæнын байдыдтой. Æппæты разæй ракодтой Саа- кадзейы. Дуары размæ куы рахæццæ, уæд йе ’мбæлт- "тæн се ’ппæтæн дæр радыгай-радыгай фæпъатæ кодта. Бежан ницы æмбæрста, æрыгон ма уыди, фæлæ Геор- гийы пъайæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта: моуравийы был- тæ уыдысты хъадаманты æфсæйнагау уазал. — Нæдæр дыкцмыг кард бæззы, нæдæр, дыууæ кæроны кæмæн ис, ахæм ехс. Цард цæй тыххæй у, уый иу бамбары, йæ кары куы бацæуы, уæд, иннæ та æр- мæст йæ мæлæты къæсæрыл, — загъта Георги. Уыцы ныхæстæ дæр Бежан нæ бамбæрста. Дуар гыбар-гыбургæнгæ сæхгæдтой. Дуар байгом ис æмæ æхгæд æрцыди фараст æмæ дыууиссæдз хатты. Уацайрæгтæ æддæмæ цыдысты иу- гай-иугай. Фæлæ-иу Бежан къæсæрмæ куы бахæстæг ис, уæд-иу æй хъахъхъæнæджы гуылмыз къух фæс- тæмæ мæсыгмæ басхуыста. Хъахъхъæнæгæн уыди тæссармæ æвæрд, æлхыскъ- гæнæг цæстытæ, раст цыма уацайрæгты цæсгæмттæ тонгæ кодтой, ахæмтæ; йæ боцъо’ уыди хъис, сырх ахорæнæй ахуырст, йæ сæр лæгуын, æрмæст йæ тен- кайыл зади бæхы къæдзилы хуызæн дæрзæг дзыкку- ты бындзыг. Æрыгон адæймаг иунæгæй æнкъард фæкæны. Бежан афæлвæрдта сæхирдыгонау ныззарыныл, фæлæ афтид мæсыджы йæ айзæлд хъуысти, мæнæ цы- ма дурын ныппырх и, уыйау дзæгъ-дзæгъы хуызæн. Йæ хъадамантæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ, арауай-бауай кодта, фæлæ уæддæр мæсыджы сабырдзинад нæ фе- хæлд. Æмæ уæд дуармæ бауад æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй ныххоста. Ничи фæзынд йæ хостмæ. Кæм ис, цымæ, йæ фыд? йæ иунæг фырты знæгты къухы цæмæн ныууагъта? Ау, сæ фæд сьш не ’ссардта, йæ зæрдæ йæ Алабы фидармæ не ’ркодта? Æппынфæстаг тыргъæй æрбайхъуыст къæхты хъæр, дуар байгом, цыма йæ дзых аивæзта, уыйау. Бе- жан æмраст алæууыд. Хъахъхъæнæг ын йæ гуылмыз къухæй, мæ фæдыл рауай, зæгъгæ, ацамыдта. Иæ сæрыл уыди урс 415
сарыхъхъ1, йæ боцъо фаст, йæ дыууæ æнгуылдзæй ны- майæгау кодта пылыстæгæй конд фæрдгуытæ, — алы фæрдыг дæр дзы адæймаджы сæрыкъуыдыр. Нарæг асиныл ныххызтысты ахæстоны кæртмæ. Сæ дзæнгæрджытæ дзæгъ-дзæгъгæнгæйæ, фидары кæртæй фæцæйцыд теуаты бал. Цъæх хъуынайæ æмбæрзт къулы раз дзыхъхъ туркаг салдæттæ дзаг кодтой æлыджы къуыбæрттæй. Бежаны бабастой теуамæ. Лæппу ма фæстаг хатт бакаст галиу мæсыгмæ, цы- ма йын хæрзбон зæгъынмæ хъавыд, уыйау. Галиу мæсыг дæр, рахизы хуызæн, лæууыди æгомыгæй. «Æвæццæгæн, се ’ппæты дæр акодтой», — йæхины- мæр загъта Бёжан. Гуылмыз туркаг теуайы ныцъцъыкк ласта, æмæ Бёжан, рыджы хуыдуг кæнгæйæ, дзыхъхъытæ- къуыппытæ фæндагыл араст. Тагъд цæуыныл бæргæ архайдта, кæд ме ’мбæлтты баййафин, зæгъгæ, фæлæ та-иу гуылмыз хъахъхъæнæг Бежаны теуайы, барæй цыма уыд, уыйау æрлæууын кодта, æмæ афтæмæй лæппу се ’ппæты фæстæ фестад. Бежан æппынæдзухæй дæр йæ алы фарс ракæс- бакæс кодта, кæд йæ фыды искуы фенид, уый зæр- дæйæ, фæлæ йæм теуайы къуыппыл баст хордзенæй цæуджыты цæсгæмттæ нæ зындысты. Растдæр зæгъгæ- йæ та бындзыты аххос уыди, уыдон хордзентыл æм- бырдтæ кодтой, æндæр æй теуа дæр, хордзентæ дæр стæй рыг дæр ницы хъыг дардтой. «Конимæ мыд ласынц æви?» — хъуыды кодта Бе- жан æмæ та-иу йæ цæсгомæй къæйных бындзыты асырдта. Бежан йæ фыдыл сахуыр ис, хæстон лæджы тынг чихъæуы, ахæм дæсныдзинадыл, — ома, алцæуыл дæр дæ цæст ахæсс æмæ сæ дæ зæрдыл бадар. Уæртæ уым, коммæ бахизæны, фæндаг галиуырдæм фæзи- лы. Ехх, мардзæ, ныр уайаг бæхыл абад, уыцы фæн- даджырдæм фездæх æмæ иу мæйы фæстæ гуырдзиаг зæххæн ныпъпъа кæн!.. 1 Сарыхъхъ — сæрыл тыхт хъуымацы уадздзаг; пы- сылмон адæмтæм нæлгоймаджы сæры дарæс. 416
Æнкъард дзыгъал-мыгъул кодтой Бежаны къæх- тыл хъадамантæ. «Æз куы нæ бахæццæ уон, уæддæр æм мæ фыд хæццæ кæндзæн!» Бындзытæ сæ дыв-дывæй не ’нцадысты, хордзенты сæрмæ зилдух <кодтой, раст цæстыхуынчъытæ къах- той. Уалынмæ, Бежан цы теуамæ баст уыди, уый фæу- рæдтой æмæ рыджы мигъы æхсæнæй разынди гуыл- мыз туркаджы бæх. — ~Ацы фæндаг кæдæм цæуы, уый зоныс? — ба- фарста балы хистæр Бежаны, йе ’нгуылдзтæй йæ зынаргъ фæрдгуытæ рассон-бассон кæнгæйæ, — фæрд- гуытæй алкæцы дæр адæймаджы сæрьжъуыдыр. — Зонын! Туркаг лæг Бежаны уæхскыл йæ гуылмыз къух æруагъта. — Куыд кæсын, афтæмæй ды ностъейаг зæхкусæ- гæн фыртæн бæззыс. Йæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесæфдзысты. Лæг уæлбæхæй æргуыбыр кодта, лæппуйы хъада- мантæ рафтыдта, æмæ Бежан суæгъд ис. Бал адард и; хъуысти теуаты уасын, цыди хъада- манты дзыгъал-мыгъул æмæ мыр-мырæгты дзæгъ- дзæгъ. Туркаг лæг нымæтын æмбæрзæн иуварс акодта æмæ хордзентæй дзæкъул систа. — Бабайы дзæкъул!.. — бацин кодта Бежан, фæ- лæ дзæкъулыл йæ фыды крест бастæй куы ауыдта, уæд фæджих. — Цæугæ ныр, хуыцауы уазæг у! Кæд Ностъемæ бахæццæ уай, уæд дæ амонд! Куы нæ бахæццæ уай, уæддæр мæ ахкос нæу — æз мæ дзырд сæххæст код- тон, — загъта балы хистæр. — Мæ фыд кæм и? Кæм ис Георгий? Кæм сты ме ’мбæстæгтæ, фараст æмæ дыууиосæдз лæгæй? — Фараст æмæ дыууиссæдзы нæ, фæлæ дæс æмæ дыууиссæдзы, — загъта туркаг. — Фæлæ дæ рæстæг дзæгъæлы мауал саф, лидзгæ тагъддæр æмæ хуыцауы уазæг у! Æвиппайды лæппу фембæрста, бындзытæ хордзен- 27 Райдзаст Гуырдзыстон 417
тыл афтæ цæмæн æмбырдтæ кодтой, уый æмæ йæ фырзæрдæрыстæй фæцудыдта. — Мæ сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста, мæн уый фенын фæнды! — фæхъæр кодта Бежан. Æмбæр- зæн аскъуыдта, æмæ йæм хордзенты талынг къуымæй ферттывтой йæ фыды дзагъыр цæстытæ: ностъейаг зæхкусæг Горгасал йæ мæлæты раз дæр йæ цæст нæ фæныкъуылдта. — Дæ къух куыд батасыд уый амарынмæ? — Бамбардзынæ йæ, дæхицæн зæнæг куы уа, уæд. Хъизæмар нæ кодта, мæнæн мæ къух фидар у. Искан- дер йæ дзырд сæххæст кодта, — туркаг йæ бæхы ех- сæй ныцъцъыкк ласта æмæ теуаты балы асырдта. Бежан кæуынæй куы бастад æмæ зæххæй куы сыс- тадис, уæд хурæй сыгъд æдзæрæг быдыры иу сыбыртт дæр никуыцæйуал хъуыст. Ностъейаг зæхкусæджы фырт йæхимæ фæкаст лæгдæр, асдæр. Иæ мастæвдылд зæрдæ ныддур, аф- тæмæй йæ ных сарæзта Гуырдзыстонырдæм. Иæ дзæ- къулы уый хаста йæ фыды крест æмæ Георгий Саа- кадзейы карды саст.
Гоголадзе Тенгиз ТИРИПОНЫ ДÆЛВÆЗЫ Цард йæ фæд ныууагъта зæронд Лукайы цæсгомыл. Йæ ных, хуымгонд хуымау, ауæдзтæй нал зыны, фæ- лæ нырма хъæддых у, йæхи дæлæмæ нæ уадзы æмæ кæны сæрæн каст. Æнцад бадын æппындæр нæ фæразы. Хæдзары къуымты разил-базил кæнгæйæ, йæхицæи исты куыст ссары. Фæлæ йыл уайтагъд йæ цоты цот, стæй уыдо- ны цот. амбырд вæййынц æмæ йын йæ куыст йæ къухтæй акъахынц, дæхи * ма фæлмæцын кæн, зæгъгæ. Зæрондæн уый хъыг у, смæсты сæм вæййы. Æппынфæстаг ыи ссардтой йæхи аккаг куыст. Алы райсом дæр лæппутæ кæртмæ голлаггай хастой мæнæу æмæ йæ ерджентыл хус кæнынмæ кодтой, чызджытæ та цъæх нæумæ мутакатæ раппарынц. Лукамæ радтой даргъ уис æмæ йæ хуртуаны цур хъахъхъæнæг сба- дын кодтой. Зивæггæнгæ, къамбецы хуызæн, цæуы сæрдыгон æнтæф бон. Хур кæсы зæрдиагæй—хус кæны мæнæу. Лука бады аууоны. Хур сындæггай тулы æмæ аууон дæр йæ бынат ивы. Æмæ уæд зæронд Лука дæр му- 1гакатæ йæ дæларм акæны æмæ æддæдæр абады. Фæ- лæ цалынмæ ног ран бынат фæкæны, уæдмæ кæрчы- тæ сæхи хуртуаныл ныццæвынц æмæ мæнæу зыдæй уидзын байдайынц хуртуанæн йæ бæрæг астæуæй. Æнæуи дæр йæ зæрдæхъыджы бацыдысты Лука- йæн, ахæм ницæйаг куыст ын кæй радтой, уымæй, 419
стæй ма йæ уый æдде ныр ацы кæрчытæ дæр тыхсын к&нынц æмæ йæ маст иууыл уыдоныл акалы. Фæлæ та куыддæр йæхи хъуыдытыл фæвæййы, афтæ æнæ- фсис мæргътæ хуртуаныл амбырд вæййынц. Фæссихорæй фæивгъуыдта. Колхозы сæрдар Мезвришвили Иликъо сæхимæ базгъордта. Гурмæ цæугæйæ йæ йемæ цыдæр гæх- хæттытæ айсын хъуыди. Кæрты дуармæ йæм æнхъæл- мæ касти цъæх «Победæ». Иунæгæй схъыг и, мæгуырæг, зæронд æмæ йæ фыр- тыфырты куы ауыдта, уæд бахъæлдзæг. Уайтагъд æй бамбæрста, Иликъойы зæрдæ цæмæйдæр рухс кæй у. Зæронды нæ афæливдзынæ! Лука уыны, Иликъо куыд цæрдæг згъоры асинтыл, уый, стæй йæм йæ хъæлдзæг зард дæр хъуысы. Раст зæгъгæйæ, Иликъо арæх фæ- зары, фæлæ абон йæ хъæлæс бынтон æндæрхуызон зыланг кæны. Хуыцау хорз ракæнæд кæсæнцæстытæн, зæронд Лука йæ фыртыфырты хъæлдзæг рухс цæсгом сыгъдæг кæй руаджы уыны. Лука йæм адзурынмæ хъавыд, фæлæ йæм уалынмæ Иликъо йæхæдæг æр- бауад. — Цæмæй афтæ схъæлдзæг дæ, дæ хорзæ^æй? — Æмæ æнкъард та цæуыл уон?! Стæй æнæуи дæр æнкъард кæд вæййын? — хъазгæ æмхасæн. загъта Иликър. — Никуы, фæлæ мæм ныртæккæ уæлдай хъæл- дзæгдæр кæсыс... — йæ бынатæй фестгæйæ, йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд æркодта зæронд. Уалынмæ фæ- комкоммæ, ердженыл сæрыстырхуызæй . цы хъулон уасæг рацу-бацу кодта, уымæ. — У-ссиу, у-ссиу! — бæстæ йæ сæрыл систа Лука. Уасæг йæ базыртæ сцагъта æмæ удаистæй иуварс агæпп кодта. — Абондæргъы мæ ацы æнæхаиры уасæг хурхæй амардта! — рахъаст кодта Лука. — Мæнæ лæппутæ куы æрбацæуой, уæд сын зæгъдзынæн æмæ йын йæ къубал сыздухæнт. — Дзæбæх æй дæ зæрдыл бадар, баба, и#нæти- мæ дын ма фæивддзаг уæд! Кæуылдæриддæр дзы дæ зæрдæ фæхуда ацы кæрчытæй, уыдонæн абон æнæ 420
сæргæвдгæ нал и! — хъазгæйæ дзырдта Иликъо. — Æрмæст хъахъхъæ, æнаххос кæрчыты мах къухæй мæрдтæм ма барвит. Зæронд лæг мæсты хъуыр-хъуыр (бакодта. — Хуыцау сæ ацы хуртуаныл бафтыдта, мæнæ цыма фырæххормагæй сæфтмæ цæуынц... — Сæ аххосджындæртæн сын мах абон схос кæн- дзыстæм, фæлæууæнт, ноджы нæм уазæг уыдзæн, ба- ба, уазæг! Не ’фсинтæ куы æрбацæуой, уæд сын зæгъ, æмæ хорз æхсæвæр сцæттæ кæнæнт. — Хæстæджытæй исчи фæзынинаг у, миййаг? — Нæ, нæ, баба, нæ чындзаг, нæ чындзаг. — Цы, <цы? — фæцæрдæг ис Лука. — Ус курын^ вæнд скодтай? Иликъо дзуапп нал радта. Куыддæр аджих, йæ цæстæнгас кæдæмдæр дардмæ ныццавта., Иæ цæсты- тыл ауади Маро. Ныр æй дыккаг аз зоны. Абон Мара йемæ Гурæй æрбацæудзæн. Æмæ кæм хъуамæ бафы- сьгм кæна Иликъоты хæдзарæй хуыздæр?! Хъæубæстæй ничи зыдта Иликъойы уарзоны. йæ- химæ дæр ныфс нæ уыд- Маройæн йæ зæрдæйы уаг схъæр кæнынмæ. Ныр мæнæ райсом быдырмæ иумæ ацæудзысты, тыллæг рагагъоммæ баньшайыны тых- хæй. Иликъо рагæй бæллыд ацы -бонмæ. Цæй амонд- джын хъуыддаг у уæдæ Мароимæ иумæ уæвын! Чи. зоны, æмæ сын ацы фембæлд алыг кæна сæ хъысмæт дæр... — О, ус курын, — йæхицæн дзуапп дæттæгау,. сдзырдта Иликъо. Фæлæ уайтагъд фембæрста, йæ зæр- дæйы сусæгдзинад кæй схъæр кодта, уый, комкомм.æ бакаст зæрондмæ, стæй тагъд-тагъд кæрты дуары- рдæм фæраст. Лука сыстад æмæ машинæйы фæстæ кæсгæйæ баззад. Уалынмæ нартхоры хуымæй æрыздæхтысты йæ чындзытæ, йæ фыртты цот æмæ сын Лука хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæд бинонтæ чысылæй, стырæй базмæлыдысты. Фыццаг сæ уырнгæ дæр нæ кодта. — Нæ, нæ нæ уырны, баба! — Цæуылнæ уæ уырны? Мæхи дыууæ хъусæй йæ 421
фехъуыстон. Йæхæдæг мын куы дзырдта, ус курын, зæгъгæ, уæд ма цы? — Æмæ нын уæдæ ныронг цæуылнæ исты загъта? Кæд хынджылæг кодта, баба? — Цытæ дзурут, цытæ! Ахæм хъæлдзæгæй йæ ни- куыма федтон. Æмæ йыл куыннæ баууæндыдаин? Мæнмæ та цы ныккомкоммæ стут, мæнмæ? Исты æз дæн уæ чындзаг? — æвиппайды рамæсты ис Лука.— Фæлтау ма цырд февналут! Лæппу фæдзæхсгæ нык- кодта, хорз æхсæвæр-иу сцæттæ кæнут, зæгъгæ. Хур акъул. Лука хуртуаны алфамбылай скатай: ердженæн йæ иу кæроныл схæцыд æмæ мæнæу астæу- мæ æркалдта, стæй та иннæ кæроныл схæцыд æмæ хъæдын меркъайæ мæнæу голладжы æвгæнын бай- дыдта. Бинонтæй иу дæр нæ зыдта, Иликъоимæ сæ дуар- мæ цавæр чызг æрбалæудзæн, уый. Ууыл ахъуыды кæныны бон дæр сæ нал фæци. Хæдзар иууыл дзолгъо- молгъо сси. Лæгæй, усæй, сывæллонæй — иууылдæр змæлæг сысты. Иутæ къухнайы архайдтой, иннæтæ—сарайы, ан- нæтæ — уæтты. — Цацо, мæ хур, цу Томаты кæртæй пыхсытæ æр- бадав æмæпецы арт скæн, — райхъуысти сарайæ сыл- гоймаджы дзурын. — Уæд афойнадыл та цæуылнæ загъта хабар, афойнадыл, уыцы гуымиры, æнæнхъæлæджы нæ нæ сæрыл хъен куы ныллæууын кодта! — хъуыр-хъуыр кæны Иликъойы чындз къухнайы, тагъд-тагъд карк тонгæйæ. Митъо фыс фаллаг кæртмæ баласта... Ома айдагъ кæрчытæй не ’схæцдзыстæм. Лука йын йæ роны кард тъыст куы ауыдта, уæд ахъуыды кодта, Иликъо фыс аргæвдынкуы нæ фæдзæхста, зæгъгæ. Ацы бирæ бинонтæй ныртæккæ иунæг Лукайы йедтæмæ никæйуал æвдæлди нæдæр ахъуыды, нæдæр асагъæс кæнынмæ: «Айбæрц рацардтæн æмæ асхæм чындзæхсæв фыццаг хаттуынын... Раджы-иу лæппу йæ бинонтæн хъуыддаг рагацау бамбарын кодта æмæ-иу чызджы хæдзармæ минæвæрттæ барвыстой. Стæй-иу чызджы хæстæджытæ лæппуйы хæдзармæ æрбацы- 422
дысты, уый фæстæ та-иу фидаугæ бакодтой. Ныр ай циу! Тагъддæр, зæгъы, маргъæй, фосæй цыдæриддæр ис, уыдон æргæвдгæут, æхсæвæр ацæттæ кæнут, ус курын. Пуй, ме ’нæуынон фæут!» Зæронд лæг мæсты кодта, фæлæ фаллаг кæртмæ куы фæкомкоммæ, уæд йæ хъуыдытæ фескъуыдысты. Уым Митъо йæ уæраджы, бын зæхмæ æрæлхъывта фысы... — Æргæвдгæ йæ! — ныхъхъæр кодта Лука, мæнæ цыма уыцы æгомыг фос йæ фыдызнаг уыд æмæ йын ацы сахат йæ маст сисыны фадат фæци... Уый фæстæ кæртыл йæ цæст ахаста æмæ хъулон уасæджы ауын- гæйæ, фæдзырдта: — Цицко, æрцахс-ма дæ разы уыцы æлгъыст уа- сæджы æмæ йын йæ къубал фездух! Æрталынг ис, уæддæр Иликъо зынæг нæма уыди. Бинонтæн се ’змæлд нал цæуы. Алчи дзы йæ уатмæ йæхи айста. Раст зæгъын хъæуы, стъолтæ арæзт нæма сты, фæ- лæ уымæн бирæ рæстæг нæ хъæуы, стæй дзы зынæй дæр ницы ис, — хæринæгтæ иууылдæр цæттæ сты... Къуыдырфых æмæ скъовæрæдайы фых дзидаа; алы- хуызон уазал хæринæгтæ; дурынтæ суадæтты уазал- гонд сæнæй ое ’дзаг; алы халсар, алы дыргъ... Иу- дзырдæй, адæймаджы зæрдæ цы загътаид, æмæ къух- найы цы нæ уыд уазджыты æрбацыдмæ. Сæ сыхæгтæй дæр ма æрбахастой дæргъæй-дæргъ- мæ стъол æмæ йæ тыргъы æрцарæзтой. Æнæуи-иу тыргъы дыууæ электрон цырагъæй фыл- дæр нæ сыгъд, уый дæр æртиссæдзгай свечатæ, ныр сылгоймæгтæм абон уый æгæр мынæг рухс фæкасти. Лæппу стъолы сæрмæ схызт, цырæгътæ стырдæр- тæй аивта. Афтæ тынг ныррухс, æмæ зæронд Лука |ра- кæсын нал фæрæзта. • Сывæллæттæ уынгæй мидæмæ нал цыдысты. Сæ цæстытæ ныуурс сты хъæдын хиды фале фæндагмæ кæсынæй. Куы æрталынг æмæ куы ницыуал зынди, уæд нал кастысты.Æнæуи дæр æй машинæйы цырæгъ- ты рухсæй уайтагъддæр базондзысты, «Победæ» æр- ■бацæуы æви нæ, уый. 423
Цымæ сæ чи фæраздæр уыдзæн, чи ныхъхъæр кæн- дзæн фьщцаг, «æрцæуынц», зæгъгæ. Сывæллæттыл ма бафтыдис стыртæй чидæртæ. Æр- бацыдысты сыхæгтæ дæр æмæ дуармæ æрæмбырд ду- не адæм. Сыхæгты устытæ афæрс-афæрс кодтой, цы хабар у, зæгъгæ. Фæлæ Иликъойы бинонтæ ницы .хъæр кодтой, Лу- ка сæ бафæдзæхста, ома, куы ничи ницы зона, уæд хуыздæр у. Бынтон цымыдис сыхæгтæн Лука дзырд- та, цавæрдæр уазджытæ йæм æрцæуинаг кæй у, æмæ сын се ’рцыдмæ æхсæвæр аразы... Рæстæг цыди, фæлæ нæдæр Иликъо зынæг уыд, нæ- дæр уазæг. Хъуамæ йæ къанторы зоной, цæмæн æрæг- мæ кæнынц, уый. Æмæ Цицкайы колхозы правленимæ арвыстой ха- бар бæлвырддæр базонынмæ. — Æз дæр Цицкаимæ цæуын! — фæцырд ис Гела. Цалдæр минуты фæстæ дыууæ лæппуйы фатау тахтысты хидырдæм, цыма сæ исчи фæсте сырдта. Сы^гъордтой хæрдыл æмæ хæстулæфтгæнгæ къанто- ры смидæг сты. Сæрдары кабинеты дуар гом уыди. Лæппутæ сæ сæртæ сындæггай мидæмæ бадардтой æмæ диеæй амардысты. Стъолы уæлхъус бадти... сæ фыдыфсымæр — кол- хозы сæрдар Иликъо. Гæххæттыты аныгъуылгæйæ, цыдæртæ фыста. Стæй чидæр дуар кæй байгом кодта, уый бамбæрста, хæрдмæ скаст æмæ лæппуты ауыдта. Иущъусдуг лæппутæ джихæй аззадысты, — сæ фыдьь фсьгмæр ам цæмæн ис, уымæн ницы æмбæрстой. — Цы хабар у?—тыхстхуызæй афарста Иликъо.— Исты æрцыд, миййаг? — Куыд ,цы хабар? — йе ’взаг йæ комы нал бадт, афтæмæй загъта Цицка. — Дæумæ æнхъæлмæ кæсынц, стъолтæ саразынмæ хъавынц. Бафæлладысты æнхъæлмæ кæсынæй, — тагьд-тагъд рахабар кодта Гела. — Фыс аргæвстой, дæс карчы сфыхт,ой... — Цæмæн? Цæй тыххæй? Сывæлла&ттæ стъолмæ хæстæгдæр балæууыдысты. — Баба афтæ, абон,дам, нæм чындзæхсæв уыдзæн, 424
ды, дам, ус курыс, — мынæг хъæлæсы уагæй загьта Цицка. — Гъемæ сæхи бацæттæтæ кодтой! — цингæнгæ- йæ фæхъæр кодта Гела. — Æхсæзыссæдз свечайы кæм ис, ахæм цырæгь- тæ тыргъы базылдтой; Тамарæ, Сона æмæ Пъело æд. гитарæтæ æрбацыдысты. Заирæ гъæйттæй пианинæйæ цæгъды, — тагъд-тагъд æм афтыдта Цицка. Лæппутæм хъусгæйæ, Иликъо раздæр йæ мидбыл- ты худти, стæй афонмæ сæ хæдзары цы змæлд ис, уый йæ цæстытыл куы ауад, уæд хорзау нал уыдис æмæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта. Лæппутæ сæ . ныхас фесты æмæ тыхстхуызæй сæ фыдыфсьшæрмæ ныккастысты. Иликъо хъуыдытй аныгъуылд: æгайтма Маро ныр- тæккæ йе ’мбал Лизикъомæ ис. Раст зæгъын хъæуы, Иликъо дæр ын еблагъуæ загъта, фæлæ Маройæн ам æмбал разынд æмæ уæд уыцырдæм фæци. Æгайтма хъуыддæгтæ афтæ рауадысты. Йæцæстытыл ауад, Маройы сæ хæдзармæ куы æр- бакодтаид, гъæйттæй чындзæхсæв кæм сцæттæ кодтой, уырдæм, уæд дзы цытæ рауадаид, уый. — Цомут, лæппутæ, нæхи хорз фенæм! — загъта ма Иликъо, йæхæдæг йæ гæххæттытæ стъолы асыччы афснайдта. — Æмæ дæ чындзаг та? — афарста йæ Цицка. — Мæ, чындзаджы мын æндæр лæппу афардæг кодта. Цомут! Абон уал æнæ чындзæй фæкеф кæнæм... Иликъо араст хидырдæм. йе ’фсымæры цот йæ фæ- дыл уайгæйæ сæхинымæр хъуыды кодтой. «Мæгуыр йæ бон Иликъойæн!» Рухс кæнын байдыдта... Пæр-пæргæнгæ кæрчытæ иугай-дыгай сæ бынæттæй тæхынц. Уасджытæ кæрæдзийы хынцмæ уасыныл нал ауæр- дынц. Зæрватыччытæ цъыбар-цъыбургæнгæ хъæуы сæр~ мæ зилдух систой. Фиййау кæртытыл хъæргæнгæ зилы. Ныр цымæ- цæуыл хъæр кæны сæумæцъæхæй? Æнæ уымæй дæр адæм зонынц, хъом кæд скъæрын хъæуы, уый. 425.
Суадоны рæзты фæцæйцæугæйæ, хъомгæс ауыдта дыууæ чызджы. Иу дзы йæ зонгæ уыд, библиотекæйы кусæг, иннæйы нæ зыдта. Фиййау Тандил адæмимæ хæларæй цард. Чызджы- тæм куы бахæццæ ис, уæд сын уæзданæй салам радта, йæхæдæг стыр зыдæй суадонæй дон нуазынмæ фæци. — Цæмæй афтæ сдойны дæ сæумæраджы? — хъа- зæгау æй афарста библиотекæйы кусæг Лизикъо, — кæд дзы миййаг дысон цъæхæй дæхимæ фæкастæ? — Цытæ дзурыс? — загъта фиййау. — Иликъо мæ миййаг куы нæ бахуыдта, знон та а’бадтдзинад æндæр никуы уыд... Уæ цæрæнбонты уый искуы фехъуыстат æмæ чындзæхсæвæй хуымæтæджы куывдгоыд аца- раз!.. — Куыд загътай, куыд? — афарста йæ Лизикъо. Маро дисхуызæй бакаст хъомгæсмæ, цавæр æдылы ныхæстæ кæны, зæгъгæ. — Æцæг, æцæг, — дзырдта Тандил, йе ’у&хоккл даргъ уис авæргæйæ. — Цæвиттон, Иликъо ус куырд- та. Знон йæ хæдзары цыппæркъахыгæй цыдæриддæр уыд, — иууылдæр сæ ныххафтой. Суанг ма, дам, сæ хъуг дæр адзæнгæл ластой. Æмæ хъавæгæй æвйидæг куы фæраздæр уа, уыйау ын йæ чындзаджы æндæр афардæг кодта, æмæ нæ сæрдар хъахъдзыхæй аззад... — Æмæ йæ ды та кæцæй зоныс, Иликъо чындзæх- сæв кæнынмæ хъавыд, уый? — Æз æй хорз зонын! Уый тыххæй дызæрдыг ма кæнут! Тандил чызджытæн хæрзбон загъта æмæ, фосмæ уисæй æвзидгæйæ, дарддæр йæ фæндагыл араст. Лизикъо йын йæ ныхæстæн æппындæр ницы бам- •бæрста. Тандил гæды ныхасгæнаг кæй уыд, уый зон- гæйæ сæ ницæмæ æрдардта. Фæлæ Маро хъуыдыты аныгъуылд. Цæуыл хъуыды кодта, чи йын цы зоны!... Уыцы рæстæг Иликъо та сæхицæй «Победæйы» ра- раст æмæ йæ ных библиотекæйырдæм сарæзта. Или- къо знон куы анызта, уæд хъуыддаг иууыл зæронд Лукайы аххос фæкодта. Ома, чындлæхсæвы тыххæй йæхæдæг æрымысыд. Цæй чьшдзæхсæв, зæгъы, кæнæн ис æнæ чындзæй?.. Цы куывдгонд сарæзтой, уый та хист рахуыдта, æдзардæй æргæвст чи æрцыд, уыцы 426
уæрыччы ном ссарыны фæдыл. Суанг ма йæ рухса- джы тыххæй сидт дæр рауагъта. Фæсивæд дæр худæ- джы тыххæй гаджидау кæронмæ ахæццæ кодтой. Зæронд Лука ма бæргæ хъуыр-хъуыр кодта, фæлæ яæм йæ цоты цот нал хъуыстой, хъæлдзæгæй хордтой æмæ нозтой. Стъолы уæлхъус Иликъо афтæ рæсугъд зарыд æмæ йæ разы йæ дзых схæлиу кæнын ничиуал уæндыд. Но- джы ма ракуырдта гитарæ дæр... йæ фыдыфыдæн фæ- пъатæ кодта... Иликъойæн нозтвæлладæй йæ сæр рысти, фæлæ йын суадоны дон æвдадзы хос фæци. Маройæн фиййауы ныхæстæ йæ сæрæй нæ хицæн кодтой æмæ ныр Иликъо куы æрбацыд, уæд æм къа- хæгау бакаст. Сæрдары цæсгом æм цыдæр æнæмæт- хуыз фæкаст. Маро Иликъоимæ малншæйы сбадт„æмæ быдыры- рдæм араст сты. Сæ фæдыл кæсгæйæ Лизикъойы зæр- дыл æрлæууыдысты Тандилы ныхæстæ æмæ йæ мид- былты бахудти. Дыргъдæттæ фæуадзгæйæ, машинæ рахызти на- рæг фæндагмæ. Уæрдонвæндагæн йæ иуырдыгæй уыди нартхор сагъд, иннæрдыгæй та сæхи айтыгътой мæ- нæуы хуымтæ. Иликъо æмæ Маро машинæйæ рахызтысты. Чызг æртыдта иу æфсир, йæ къухы йæ базгъæлдта æмæ йæ гагагай нымайын байдыдта. Ныхасгæнгæ гыццыл фал- дæр куы ауадысты, уæд та ноджыдæр æртыдта æмæ та уымæн дæр йæ гагатæ банымадта. Ныхас кодтой хъацæнтыл, хъæууонхæдзарадон ног машинæтыл æмæ бирæ æндæр цæйдæрты тыххæй. Иудзырдæй, уарзон- дзинадæй фæстæмæ алцæйы ко§ дæр кодтой. Сындæггай цыдысты хуымты кæрæтты, зад мæнæу- мæ кæсынæй цæст не ’фсæст. «Цы хорз у», — хъуыды кодта Иликъо, Маройы йын йæ колхозмæ кæй æрæр- выстой, уый тыххæй. Маро йæ сумкæйæ систа чысыл блокнот, сбæрæг дзы кодта хуым æмæ йын йæ фарсмæ ныффыста ца- вæрдæр нымæц. Иликъо фыстмæ аивæй ныккаст æмæ джихæй баззад. Бæлвырд дзы федта цифрæ «20». Гек- тарæй ссæдз центнеры? Ау, уымæн гæнæн ис? 427
Иликъо фæтыхст, йæ цæст хуымыл ахаста, цыма йæ фыццаг хатт уыдта, уыйау. Фарон ацы зæххæй систам.æвдгай центнертæ. Ныр дзы кæд уа фынддæсгæйттæ. Ома фароны тыллæгæй дыууæ хатты фылдæр... Не ’мбары, Маро куыдтæ ны- майы, уый? Иликъо Маромæ бакаст, ома уымæн уæвæн нæй^ зæгъгæ, фæлæ Маройы не ’вдæлд; уый рауын-бауын кодта нартхоры æфсир. Уæдмæ бахæццæ сты фæнда- джы иннæ фарс нартхоры хуыммæ. Уым куыстой хъæ- уы колхозонтæ се ’ппæт дæр искуы-иутæй фæстæмæ, Цицка æмæ Гела дæр стыртæн æххуыс кодтой. Сæ зæрдæмæ тынг цыд нартхоры фæрссæгтæ тоныны куыст.. Иликъо æмæ Маро æддæдæр куы ацыдысты, уæдг сæ фæдыл акæсгæйæ, колхозонтæй чидæр хъазгæмха- сæн афтæ фæкодта: — .Акæсут-ма, уæ хорзæхæй, нæ чындз быдыртæ куыд бæрджытæ кæны. — Ма дзур, хъусынц дæ! — йæ ныхас баппæрста иннæ. Фæлæ Иликъо æмæ Маро дард ахæццæ сты, стæй уыцы ныхæстæ дымгæ иннæрдæм ахаста. Иликъо цыди чызджы фæстæ æмæ мæт кодта. «Ссæдз... — уый гæххæттыл бæргæ рæсугъд фидауы. Фæлæ уыйбæрц райсын нæ къухы куы нæ бафта, уæд та? Уæд ма нæ худинагæй кæдæм фæлидздзыстæм?» — Маро, курын дæ æмæ сæ лæмбынæгдæр бæрæг кæн, — йæхи нал баурæдта Иликъо. — Нæ мыл æууæндыс æви? — фæхъыг ис чызгæн Иликъойы -ныхас. — Нæ, нæ, Маро, цытæ дзурыс! Фæлæ куыннæ фе- гад уæм, • афтæ бакæнын хъæуы... Ссæдз центнеры æгæр бирæ сты, бауырнæд дæ, æгæр бирæ. Фарон ацы хуьшæй... — Фарон фарон уыд, — йæ ныхас ын айста Маро. Хур судзьш байдыдта æмæ чызг йæ сæр газетæй æрæмбæрзта. Иликъо ницыуал дзырдта, цы загътаид, уый^дæр нæ зыдта. Исты йын ской кæнид æмæ куы ’ æр- бамæсты уа. Фæлтау æнцад лæудзæн. Чызджьь 428
уæхсчы сæрты та Иликъо блокнотмæ ныккас^ти æмæ дзы ауыдта ног цифрæ. Уый дæр дыууæ нымæцон, æр- мæст дзы нулы бæсты лæууыди æртæ. Лæппу тæххæт- мæ кæогæйæ баззад, фæлæ йæм Маро фæлмæн ба- худт æмæ загъта: — Дæ риуыл Сызгъæрин стъалы куы бакæнай, уæд мæ æрымысдзынæ æмæ дæхицæй фефсæрмы уы- дзынæ... Де ’нæууæнкæй мæ кæй æфхæрыс, уый тых- хæй. Дæуæй афтæ, æз æвзæр агроном дæн æмæ раст иæ нымайын. Худинаг дæм нæ кæсы, гормон! Сæрдарæн йæ сур хид акалд. «Цæй, цы уа, уый уæд», — ахъуыды кодта йæхинымæр æмæ æрдæгдзæф- тæй загьта: — Æз дæ уый курæг дæн, æмæ дæ разы «ссæдзтæ» кæм фæфыстай, уыдон «æстдæстæ» скæн. Уымæй фыл- дæр дзы нæ райсдзыстæм, арвæй зæххæй се ’ппæты ардыстæн... . -. . — Æз та дын афтæ зæгъын æмæ’ райсдзыстут!— фидарæй загъта Маро. — Мæлæты хивæнд нæ дае! Æмæ уый фæстæ цы æрцыдис, уый зонутг,?. »... Иликъо уæддæр Маройæн лæгъстæ кодта. Цæмæн- дæр æм йæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма Маро рæдигæ кæны. Уый чызгæн фæхъыг æмæ Иликъоимæ нæртон хыл фесты. Лæппу ма бæргæ фæлвæрдта бафидауы- ныл, фæлæ ницуал. Маро машинæйы абадт æмæ йæ фæдыл дуар бахгæдта. — Маро!.. — Цæугæ! — фæдзырдта шофырмæ, Иликъойы хъуыды дæр нал æркодта, ’афтæмæй. . . Шофыр дызæрдыггæнгæйæ бакаст колхозы сæр- дармæ. < • — Цæмæ ма æнхъæлмæ кæсыс?—рамæсты ис Ма- ро шофырмæ. Иликъо йæм йæ къухæй ацамыдта, ома цæугæ, хъавыди Маройæн фæндараст зæгъынмæ, фæлæ йæм уый кæсгæ дæр нæ ракодта. Машинæ рахызти сосæмæ æмæ уайтагъд рыджы аууон фæци. Иликъо исдугмæ йæ бьшатæй змæлгæ дæр нæ фæ- кодта. Иæ зæрдæ рысти. Маройы мæстыхуыз цæсгом лæууыд й’æ цæстыты раз. Фæлмæцыд, зæрдæрыстæй 429
æрбацыд къантормæ æмæ йæ кабинеты йæхиуыл дуар сæхгæдта. Уыцы сахат бригадирты уатæй та хъæлæба цыди. Иу хъæлæс дзы иннæтæй хъауджыдæр бæрæгдæр дардта, стæй тæккæ дуары цурæй райхъуыст йæ дзу- рын. Уый уыди Лука. Зæронд лæг хуымæтæджы мæс- ты уыди! — Удæгасыл дæр мæ нал нымайынц, удæгасыл, номхыгъдмæ мæ нæ бахастой... Æххæст мын чырын дæр скæнут. Цæмæ ма у уæ каст? Кæд уæ нæ хъæ- уын, уæд мæ цæрдудæй баныгæнут!.. Никæй ныууагъ- той, се ’ппæтæн дæр дзы куыст разынд... Мæнæн та къах мæ роны. Зæронд лæг бæстæ йæ сæрыл систа, æмæ, æвæццæ- гæн, йæхæдæг дæр дисæй мард, ахæм хъæлæс ма йыи кæцæй разынд, ууыл. — Кочылы-фырты хосдзаутимæ ныффыстой! Æмæ уыц хос кæрдынæн цы æмбары? Науæд дзæгъæлдзых Тала? Уый та уæ сæр кæцæй æрцахста? Уæвгæ Тала исты кæнын зоны? Лука сæрдары кабинеты дуарыл рахæстытæ кодта, стæй йæ лæдзæгæй тынг ныххоста. — Кæм ис, кæ, Иликъо та?.— дзырдта зæронд йæ фыртыфыртмæ, фæлæ йын дуар ничи гом кодта. Æппынфæстаг, йæхи хъæрæй сфæлмæцгæйæ, Лука дуарæй иуварс ацыд æмæ къанторæй никæйуал ныхас хъуысти. Машинæ базылди сосæфæндагмæ. Дардæй æрба- зынди бирæ цырæгътæ. Горæты сæрмæ бæрзонд æрт- тывта сырх стъалы. Сæ цырæгътæ хуыссынгæнгæ, машинæтæ дыууæр- дæм кодтой. Гуры уынгтæ адæмæй уыдысты седзаг. Шофырæн «бузныг» заегъгæйæ, Маро рахызти «По- бедæйæ» æмæ цырдгомау сæ кæртмæ бацыд. Йæ размæ рауади Кето — йе ’мбал, хъæууон- хæдзарадон институты иумæ ахуыр кодтой, ныр та кусгæ дæр иуран кæнынц, стæй цæргæ дæр иумæ. ~"— Кæд æрбацыдтæ, Кето? Цæуыл æнкъарддæ?— афарста йæ Маро. 430
— Ныр дæр мæ маст нæма ссыд... — Цы хабар у? — æмæ дзуапмæ нал банхъæлмæ каст, афтæмæй та ноджыдæр афарста: — Базары уыдтæ? — Сихор дæр ма сфыхтон. Цом, исты бахæрæм! Кето хæринаг æрæвæрдта, фæлæ йæхæдæг ницæмæ æрæвнæлдта. — Нæ мæм цæуы хæрын... — Цы дыл æрцыд, Кето? Зæгъ æй. — Сæрдаримæ фæхыл дæн. Кето йе ’мбалæн бæстон радзырдта, колхозы сæрдаримæ куыд фæхыл, уый æмæ йæ фæстагмæ тыиг рафаудта. Йæ ныхас куы фæци, уæд æнцонæй сулæ- фыд: — Гъеныр мын гыццыл фенцондæр. — Уæдæ ныр иучысыл исты ахæр, иу хивæнды тых- хæй дæхи æххормагæй цы марыс? Уый тыххæй дæ сæрæн низ ма кæн. — Ды цæуылнæ дзурай, — хинæйдзагхуызæй загъ- та чызг, — дæхæдæг зæрдæхъæлдзæгæй æрбаздæхтæ, иннæтæн та сæ сæр ма риссæд, амоныс... Иликъо, æрæццæгæн, дæ ныхасыл дыууæ нæ1 дзуры... уымæн æмæ дæ уарзгæ кæны, æмбарыс? Уарзы дæ æмæ дæ хъыджы нæ цæуы... Маро фефсæрмы. Дзидзайы комдзаг вилкæйыл садчьдæй баззад... — Цытæ дзурыс, Кето? — фенкъард ис Маро, — мах дæр фæхыл стæм... — Чи сымах? Ды æмæ Иликъо? — О, æз æмæ Иликъо. — Ма дзур дзæгъæлы. — Æмæ уæдæ ды дæр дзæгьæлы дзурыс? Иликъо дæр сæрдар у... Гъемæ фæхыл стæм... — Ау, æмæ ахæм хъуыддаджы уарзондзинад ни- цуал у? — ныддис кодта Кето. — Нæ ныл æууæндынц, Кето! — æнкъардæй загъ- та Маро. — Хæрзаг зæгъынц: «Цæй агрономтæ сты уыдон нырма? Куы æгæр стыр нымæц ныффыссынц, куы та, цы æмбæлы, уымæй къаддæр». Ам уарзон- дзинад æппындæр ницы аххосджын у! Быцæу бынтон æндæр хъуыддаджы тыххæй фестæм. 431
— Загъд дæр дæм кодта? — Нæ, æрмæст лæгъстæ. Иу хъæр ныхас дæр йæ дзыхæй не ’схауд. — Дурзæрдæ! — йæхи нал баурæдта Кето.— Гъе- ныр æй уымæй дæр нæ уыныс, куыд дæ уарзы, уый? Стæй цы, уый зоныс? Мæнмæ гæсгæ, уымæн йæ уар- зондзинад тынг тыхджын у. Кето йæ цæстытæ æрцъынд кодта æмæ хъуыдыты аныгьуылди. Бафæндыд æй, уый дæр исчи афтæ тынг куы бауарзид... — Дурзæрдæ дæ, Маро, ды!—ноджыдæр та загъ- та чызг. — Кæд лæппуйы нæ уарзыс, уæд-ын æй æнæ хылæй бамбарын кæн. — Ды мæ, æвæццæгæн, нæ бамбæрстай, — йæхи расткæнынмæ фæци Маро, стæй ахъуыды кодта: «Ни- цы кæны... Сыз’гъæрин стъалы куы райса, уæд æй *бауырндзæн, исты æмбарын — нæ, уый...» Зæронд Лука сæхимæ æрбаздæхт мæстыйæ. Хæ- дзары Цицка йедтæмæ ничи уыди. Лæппу бадти ра- диоприемничы раз æмæ зæрдиагæй ахста цавæрдæр станцæ... Цицка музыкæ тынг бирæ уарзта. — Ды дæр дæ куыст иудадзыг уыцы асыккимæ куы скодтай, лæппу! — фæхъæр ласта Лука йæ фыр- тыфырты фыртыл. Цицка уьщы минут приемни-к рафтыдта æмæ Лу- .камæ фæлмæн бахудт. — Иннæтæ кæм сты? — мæстыйæ афарста Лука. — Клубмæ ацыдысты. Зæронд лæг æрбадти тъахтиныл. Стæй сыстад æмæ æддæмæ рацыд. Иу-цалдæр минуты фæстæ æрбахаста цæвæг æмæ цыргъгæнæн дур. — Дада, уый цыргъ у, æндæрæбон æп баба сцыргъ кодта, — загъта Цицка. — Дæу ничи фæрсы.. Дæ бынат зон æмæ дæ дзыхыл хæц! Лæппуйæн уыцы уайдзæф фæхъыг ис æмæ иуварс ацыд зæронд дадайы разæй. Лука цæвæджы ком ду- рыл адаудта. Хæдзары сабырдзинадæй куыддæр фæ- тыхст æмæ фæйнæрдæм акæстытæ кодта. Цицка ’уым нал уыди. Лæппу лæууыд кæрты дуары раз. Фæлæ -432
йæм дада куы фæдзырдта, уæд уыцы минут фæстæ- ыæ раздæхт. — Радио цæуылнæ дзуры? — Рафтау æй, зæгъгæ, мын нæ загътай? — Бакæн æй фæстæмæ! — фæхъæр кодта Лука цыргъгæнæнимæ архайгæйæ. Зæронд Лука дæлæмæ-уæлæмæ дауы цæвæджы ком, афтæмæй йæ цæстытыл уайы сызгъæрин гауыз- тæй æмбæрзт Тирипоны дæлвæз æмæ йæм афтæ кæсы, цыма йæм йе ’рыгон бонты хъару фæстæмæ здæхы... Фæлæ цæмæн бафæллад йæ къух? Раджы-иу дзы фондз путы гир, тыччыйау, фелвæста, ныр æй ацы чы- сыл дур бафæллайын кодта. Зæронд лæг йæ къухæй асгæрста цæвæджы ком. Ницы йын у, раст алмасийы хуызæн сси! Чысыл æй дæ къухяей фесхой, æндæр йæхæдæг кæрддзæн. Уыцы æхсæв Лука ахæм фын федта. Рацыди дын, цыма, Тирипонмæ... «Цъыкк... цъыкк... цъыкк...»—зары йæ цæвæг. Лука дис кæны йæ цæвæ- гыл, куыд рæвдз кæрды, зæгъгæ. Кæсы йæ къухтæм дæр æмæ йæ цинæн кæрон нал ис. Йæ къухтæ, ссæдз- аздзыд лæппуйы къухтау, хъæддых, нуарджын, уыц- иу истæи уыйбæрц мæнæу ракæрды, æмæ йæ сылгой- мæгтæ йæ фæдыл æмбырд кæнын не ’ййафынц... Лука райхъал. Рудзынджы тъæпæнæй райста кæ- сæнцæстытæ. Арвыл йæ цæст ахаста. Ферттывта йæм сæууон стъалы, — тагъд бон æрбацъæх уыдзæн. Зæронд лæг сабыргай, бинонтæй куыд ничи рай- хъал уа, афтæ йæ гæрстæ скодта. Æнæхъæр-æнæцъис- тæй сывæллæтты сынтæджыты æхсæнты тыргъмæ ра- цыди. Ссыгъта каптилкæ, асыккæй дыууæ дæргъæй- дæргъмæ дзулы систа, хъæдындзтæй дæр авзæрста, се- мæ ма сын иу джитъри дæр фæкодта æмæ сæ дзæкъу- лы афснайдта. Иæ цæвæг йе ’уæхскыл авæргæйæ, Лука сындæггай йæ фæндаг адардта. Цæмæ тагъд кæна? Бонмæ ныр- ма бирæ ис. Стæй йæхи дæр цæуыл фæллайын кæна? Уый нæ, фæлæ ма йæм кæд исты тых ис, уæд ыл фæцауæрдын хъæуы. Хъуыдыты аныгъуылгæйæ, зæронд Лука цыди, уы- цы бон адæм кæм кусдзысты, ахæм хуыммæ. 28 Райдзаст Гуырдзыстсш 433
Райсомы хуры тын арв куы ныррухс кодта æмæ хурыскæсæнырдыгæй цæхæркалгæ стъалытæ ныгуы- лын куы байдыдтой, уæд зæронд лæг ауыдта ком- байнтæ. Фарон дæр ма сæ федта ацы стыр машинæты, фæлæ дзы уæд æдæппæт иу-цалдæр йедтæмæ нæ уыд. «Комбайнтæ дæр хорз, — йæхинымæр хъуыды кæ- ны Лука, — фæлæ нырма цæвæг дæр аппаринаг нæма у. Хуымы кæрæттæм комбайн нæ сарæхсдзæн... Фæлæ сæ æз... Лука ма фæхуикон, æз сын лæг цы у, уый куы нæ фенын кæнон». Йæ цыд фæтагъддæр кодта. Фыццагдæр цы ком- Оайнмæ бахæццæ ис, уый алфамбылай иу-цалдæр адæймаджы цыдæртæ архайдтой... Лука æнхъæл нæ уыд уыцы афон искæй быдыры фенын. — Уæ райсом хорз, — салам радта комбайнер- тæн, — æмæ уын хуыцау ахъазгæнæг уæд! — Æгас цæуæд дада йæ цæвæгимæ!—æмхуызонæй хъæлдзæг хъæр ныккодтой фæсивæд. — Фысым дын стæм, фысым, дада,—загъта трак- торист, йæ цæвæг ын йæ къухтæй райста æмæ йæ хис- тæр æнгуылдз цæвæджы комыл ахаста. — Æфстау нын æй авæр, комбайныл æй бабæт- тæм. — Хъæлдзæгæй цæрут, дадайы хуртæ, — фæлмæн бахудти Лука хъазæн ныхасмæ. Фæсивæд алырдыгæй дзырдæппарæн кодтой: — Марадз-ма, дада, дæ зæронд гæрзтæ æрбабæтт æмæ ракæрд. Æмæ" Лука нал фæфæстиат. Хуымы иæронмæ ацыд, цæвæгыл ныххæцыд æмæ гъæйтт-мардзæйæ кæрдын байдыдта. Гъе, уый та дын мæ фын бонæй. Зæронд лæгæн йæ зæрдæ барухс йæ фыццаг ракарст хæсæй. Æрттывдтытæ калгæ цæвæджы бын хæс хæсы фæ- дыл фæлдæхти. Комбайнертæ сæ хъазæн ныхæстæ ныууагътой æмæ дзы кæй кæм æрæййæфта, уым æр- бадт, афтæмæй цымыдисæй кастысты зæронд лæджы къухты айстмæ. Лукайы хъустыл ауад кæйдæр ныхас æмæ ныл- лæууыд. Нырма ныр бамбæрста йæ нортты рыст. Рыц- цыл фалдæр, галиуырдыгæй куыстой мæнæугæрдджы- 434
тæ. Хъуыстис æм сæ цæвджыты «цъьжк... цъыкк... цъыкк...» — Адон та кæд æрбахæццæ сты, адон? — дисы ба- цыд Лука. Мæнæугæрдджытæ йæм ныхъхъæр кодтой, раппæлыдысты йын йæ цæрдæг, хæрзарæхст карстæй. Комбайн дæр уæдмæ йæ бынатæй фезмæлыд. Йæ фæдыл цыди Иликъо. Æфсиртæ йæм-иу æгæр уæлæн- гай карст куы фæкастысты, уæд та-иу комбайнертæн загъта, бындзарæй кæрдут, зæгъгæ. Иликъо куысты афтæ аныгъуылд æмæ йæ фыды- фыды дæр нæ бафиппайдта. Стæй комбайн фæуагъта æмæ барæнтæ кæм уыдысты æмæ бригадир фыццаг æрнайгонд хор кæм иста, уырдæм фæраст. Иликъойы фæндыди тагъддæр йæ тыллæг банымайын, ставд ны- мад æй уæддæр куы акæнид... Цыдæр нымæцтæ кæрæ- дзиуыл æфтыдта, цыдæртæ дзы æппæрста, стæй, æп- пынфæстаг, цавæрдæр цифрæ бахыгъта. йæ цæсты- тыл ауади Маро уыцы хъæлдзæгхуызæй. Иликъо æр- фæсмон кодта. Ехх, æвæдза, ныртæккæ ам куы фес- тид, уæд дзы хатыр бæргæ ракурид йе ’нæууæнкдзина- ды тыххæй. Стæй ард бахордта, йæ цæргæбонты Ма- ройы зæрдæхудты кæй никуыуал бацæудзæн, кæд- дæриддæр ыл кæй æууæнддзæн... æрмæст, æрмæст- дæр... «Ох, ацы æгæнон сывæллæттæ адæймаджы иунæ- гæй нæ бауадздзысты, — ахъуыды кодта зæрондЛу- ка, йæ фыртыфырты фырттæ йыл куы амбырд сты, уæд. Уыдон быдырмæ æфсиртæ уидзынмæ рацы- дысты. — Кæм уыдтæ, баба? Уæд мах сусæгæй та цæмæн рацыдтæ? — кæрæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ, хъæр кодтой лæппутæ. — Сабырдæр! Хъæр ма кæнут! — басабыр сæкод- та Лука æмæ сын сæрыстырæй загъта: — Æз мæнæу карстон! Сосæвæндагæй барæнтырдæм æнæнхъæлæджы фæ- зылд фæныкхуыз «Победæ». «Æвæццæгæн, райкомы секретарь у...» — ахъуыды кодта бригадир æмæ скатай. йæ алыварс йæ цæст , ахаста, фæлæ дзы зæрдæхсаинагæй ницы уыд. Стæй 435
йæ хæдон адзæбæхтæ кодта, йæ сæрыхъуынтæ æр- сæрфта. Фæлæ секретары бæсты машинæйæ рахызтысты дыууæ чызджы: Маро æмæ Кето. Бригадир сын сæ къухтæ райста. — Сæрдар кæм ис, — афарста Маро. — Æрдæбон ам уыд, æнхъæлдæн уæртæ дыккаг хуымырдæм ауад. Ныртæккæ йæм арвитдзынæн. Ма- радзут-ма, Иликъойæн зæгъут, — фæдзырдта брига- дир Цицка æмæ Геламæ. Лæппутæ чызджытæм бакастысты, стæй сæрдармæ азгъордтой. Иликъомæ куы бахæццæ сты, уæд тагъд-тагъдæй загътой: — Æрцыди! Мæнæ дæхæдæг хуымтыл кæимæ зылдтæ, уьщы чызг!.. Сывæллæттæ федтой, сæ фыдыфсымæры цæсты- тæ фырцинæй куыд ссыгъдысты æмæ йæ бынатæй куыд фесхъиудта, уый. Цицка æмæ йæ Гела къуыл- дымыл æййафгæ дæр нал кодтой. — Уый, æвæццæгæн, нæ чындзаг у, нæ чындзаг!— згъоргæ-згъорыны бафиппайдта Гела. — Уый у, уый! — загъта Цицка дæр. Ардæм æрцæуыны агъоммæ дыууæ чызджы уыдыс- ты, Кето тыллæг кæм хыгъта, уыцы колхозы. Маро абон фыццаг хатт федта уьщы колхозы сæрдар Сан- дройы æмæ йæ Кето куыд хивæнд хуыдта, лæппу Ма- ромæ æппындæр ахæм нæ фæкаети. Сандро тынг ба- цин кодта агрономтыл. Фыццаг æрнайгонд хорæй бæ- рæг у, Кето раст кæй бахыгъта. — Ныр зондзынæ, мемæ куыд дзурын хъæуы, уый! — сæрыстырæй загъта чызг колхозы сæрдарæн. Сандро йæ мид’былты бахудт æмæ йын афтæ: — Сæттын мæ рæдыдыл. Чызджытæ Сандромæ бирæ нæ афæстиат сты, Или- къомæ дæр ма сæ бауайын хъуыди... Æмæ мæнæ ныр йæхæдæг дæр. Цицка æмæ Гела дæрддзæф æрлæууыдысты. Фыр- цинæй сæ цæсгæмттæ мæйыйæстæ ныйисты, афтæмæй Маромæ кæсынц . .430
— Ацы лæппутæ мæм афтæ цæмæн кæсынц? — æфсæрмхуызæй бадзырдта Маро Иликъойы хъусы. ( — Афтæ сæ фæнды, гъе уымæ бæллынц... — Или- къо йæ ныхæстæй куыддæр фæтарст. — Цы сæ фæнды?—ноджыдæр та бафарста чызг. — Фæнды сæ, сæ бинонтæй куы уаис, уый... Маройы уадултæ туджы разылдысты. Иликъомæ бакаст, æмæ уыцы цæстæнгас бирæ цыдæртæ загъта канд сæ дыууæйæн нæ, фæлæ сæ алфамбылай адæмæн дæр. «Æнæмæнг нæм чындзæхсæв уыдзæн», — ахъуыды кодта зæронд Лука дæр, барæнты раз лæугæйæ.
РуруаИлья МИЛИЦÆЙЫ ЛЕЙТЕНАНТ Секретарь дуарæй бакаст æмæ тарстхуызæй ба- дзырдта: — Георгий Александрович, милицæйæ дæм чидæр æрбацыд. Стыр стъолы уæлхъус гæххæттытимæ ды нæлгой- маг ар’хайдта, уьгй йæ куыст æваст нæ ныууагъта. Ставд сырх кърандасæй цыдæр бахахх кодта, стæй уæд гæххæттытæй йæ сæр систа æмæ бафарста: — Цы хабар у? — Милицæйæ дæм чидæр æрбацыд, Георгий Алек- сандрович. Цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд, уый мын нæ загъта. Георгий Александрович йæ цæсгом фенцъылдтæ кодта, къæлæтджыныл йæхи фæстæуæз аппæрста, æмæ бандоны æрттц^ват цъары хъыс-хъыс ссыд. «Æвæццæгæн та уыцы студенттæ исты фыдбылыз сарæзтой, — ахъуыды кодта лæг йæхинымæр, — бæл- лæхы адæм сты...» — Фæдзур æм, — загъта секретарæн æмæ дуары- рдæм йæ цæстæнгас сарæзта. Уалынмæ дуар байгом, æмæ мидæмæ æрбахызт хæрзконд лæппулæг милицæйы лейтенанты формæйы. — Бацæуæн дæм ис? — бафарста уый, дуар йæ фæстæ æрбахгæнгæйæ æмæ зына-нæзына йæ сæрæй акувгæйæ. 433
Æрба’цæуæг дзырдта Ьабыр, ныфсджын хъæлæсы- уагæй, хицауиуæг кæнын чи уарзы, ахæм адæймаджы хъæлæсыуагæй йæм ницы уыд. Бæрæг уыди, лейте- нант, зæрдæйæн хъыг чи уыдзæн, ахæм хъуыддаджы фæдыл кæй нæ æрбацыд, уый. Георгий Александровичæн æрбацæуæг уындæй дæр фæцыд йæ зæрдæмæ: хæрзконд, хæрзуынд; йæ мыд- хуыз къæбæлдзыг сæрыхъуынты æхсæнæй æрттывта урс таг, йæ цæстæнгас уыди хæд-зонд, сабыр адæйма- джы цæстæнгас, йæ хæрзконд гуырыл аив бадт фор- мæйы кител. Лейтенант бафиппайдта, Георгий Александрович æм кæй жæсы, уый, æмæ, йæ мидбылты худгæйæ, но- гæй бафарста: — Æмбæлы дæм? — Табуафси! — Георгий Александрович сыстад, æрбацæуæгæн зæрдиагхуызæй йæ къух райста æмæ йын бандонмæ ацамыдта. — Бузныг, сбаддзыстæм, — сдзырдта лейтенант, банхъæлмæ каст, цалынмæ Георгий Александрович сбадт, уæдмæ, стæй йæхæдæг дæр æрбадт. Иуцасдæр сæ ничи ницы сдзырдта. Лейтенант, æвæццæгæн, ныхас райдайынмæ нæ тагъд кодта æмæ сындæггай йе ’нгуылдзтæй стъол хоста. «Цымæ цы ныхъхъус? — ахъуыды кодта Георгий Александрович, лейтенанты даргъ æнæнцой æнгуылдз- тæм кæсгæйæ. — Цæуылнæ исты дзурй? Æви мæн- мæ æнхъæлмæ кæсы?» Георгий Александрович стъолæй кърандас райста, æмæ-иу арæх куыд кодта, афтæ, кърандас йæ къухы разил-базил кæнгæйæ, æрбацæуæгмæ бакаст: — Хъусын дæм. Лейтенант цыма уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ каст, уыйау дзурын райдыдта: — Куыд фехъуыстон, афтæмæй уæ институт са- рæзта конкурс педагогикæйы кафедрæйы доценты бы- натмæ райсыны тыххæй. — Уый афтæ у, — сдзырдта Георгий Александро- аич, фæлæ йæхиньимæр ахъуыды кодта: «Æмæ дæу та уыимæ цы кæсы? Диссаг нæу!..» Лейтенант иучысыл алæууыд^ стæй загъта: 439
— Æз дæр мæ амонд ЧЗавзарынмæ • хъавын. Ме ’рбацыды сæр дæр уый тыххæй у. — Тынг æхсызгон мын у! — сдзырдта Георгий Александрович, фæлæ йæ хъæлæсыуагæй бæрæг уыд, цæуылдæр дызæрдыг кæй кæны. Лейтенант æй уайтагъд фембæрста æмæ бахудт. — Бахатыр кæн, мæ зæрдыл нал æрлæууыд, — сдзырдта та хъæлдзæгхуызæй æмæ йæ цæст йæ ките- лыл æрхаста, — формæ æмæ йæ мидисы æхсæн цы бастдзинад ис, уый дын дзæбæх кæй нæ бамбарын код- тон, уый тыххæй. Георгий Александрович дæр бахудт. — Æз милицæйы кусын. Мæ бæрны мын бакод- той æвæгæсæг сывæллæтты хъуыддæгтæм кæсын, — загъта лейтенант. — Уьгцы куыстмæ институты фæстæ бацыд’тæн, мæхи фæндонмæ гæсгæ^ Иуцъусдуг та алæууыд, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æз дæр сидзæрæй схъомыл дæн æмæ мæ хъыс- мæт сбастон, кæддæр мæ йе уазæг чи бакодта, уыцы организациимæ. Стæй ахуыр дæр кодтон... фæсаууон- мæ ахуыр... Мæнæ... Уыцы ныхæстимæ йæ дзыпмæ нывнæлдта, цавæр- дæр чысыл чиныг дзы гæххæтты тыхтæй систа æмæ йæ институты директормæ бадаргъ кодта. Георгий Александрович чиныг райгом кодта æмæ йæм æркаст. Уый разынд наукæты кандидаты диплом. НОМДЗЫД АДÆЙМАДЖЫ МЫГГАГ Æвдæлон рæстæг адæм сæхи ирхæфсынц алыхуы- зæтты. Иутæ уарзынц хъæбысæй хæцьш, иннæтæ дард- мæ згъорын, æртыккæгтæ та дугъон бæхтыл уайын... Иу кæртмæрзæг лæг куыстæй уæгъд рæстæджы уарз- та зарын, æмæ йын хъæлæс дæр фыд хорз уыди. Иу милиционер та æдзух æмдзæвгæтæ касти æмæ сæ кæс- гæ дæр æвæджцау дзæбæх кодта. Куыд загътам, афтæ иу адæймаг йæ зæрдæ ратты иу хъуыддагмæ, иннæ та — æндæрмæ. 440
Никъо Боставашвилийæ куы зæгъæм, уæд уый та’ уарзта кроссвордтæ æвзарын. Æцæг, æцæг, кроссворд- тæ! Мæнæ газеттæ æмæ журналты фæстаг фæрстыл кæй ныммыхуыр кæнынц, сау æмæ урс чырын-1 тæй арæзт чи вæййы, уыцы кроссвордтæ. Никъо уыдон æвзарынмæ тынг дæсны уыди. Цыфæнды зын æмæ зыгъуыммæ фарстæн дæр-иу дзуапп уайтагъд авæрдта, цыма йæ цæттæйæ йæ дзыппæй фелвæста, уыйау. Лыстæг æркæсгæйæ, уым диссагæй ницы уыд. Уы- цы кроссвордтимæ ныр иу дæс æмæ дыууиссæдз азы бæрц архайы, гимназы дыккаг къласы ма куы ахуыр кодта, раст уæдæй фæстæмæ. Уыцы рæстæджы дæр- гъы бынтон фендæрхуызон сты кросовордты фæр- стытæ. Адæм раджы ферох кодтой, паддзæхты æмæ-иу дзы алы камер-юнкерты мыггæгтæ фыст куы уыди, уыцыр’æстæг; рагæй хонынц Никъойы дæр дада, фæлæ ма уый фыццагау æвзыгъдæй архайы кроссвордтимæ æмæ йæ сæр риссьш кæны, — цавæр хъуыстгонд но- ваторы мыггаг у фондз да’мгъæйæ; фыццаг дамгъæ «Б», афтæмæй куыд хуины, незаманы чи сыстад, уы- цы цагъарты фæтæджы ном. Кроссвордты хъуыддаг- мæ йæ зæрдæ афтæ тынг радта, æмæ ма суанг йæ фыртыфырт цы газеттæ иста, «Пионерская правда» æмæ «Норчи ленинели», зæгъгæ, уыцы газетты мы- хуыргонд кроссвордтæ дæр æвзæрста. Рæстæг цыди. Куыдфæстæмæ Никъойæн сæ хъæуы фæзынд, уыцы хъуыддаджы йемæ ерысы чи бацыд,. ахæмтæ дæр. Уыцы «знæгтæн» сæ тæссагдæртæй иу уыди йæ фыртыфырт. Лæппу æппæт мадзæлттæй дæр архайдта дадайыл фæуæлахиз уæвынмæ, фæлæ йын дзы ницы уад æмæ йыл уæд хинæй цæуын байдыд- та — бамбæхста-иу, кроссвордтæ цы газетты уыди,. уыдон. йе ’ннæ «знæгтæй» куы зæгъæм, уæд-иу дзы куы иу, куы иннæ æрбауад Никъомæ æмæ-иу æй æнæуæн- донхуызæй бафарста исты ныхасæй. Никъо дæр йæ зонд нæ хæлæг кодта, загъта-иу ын æй, стæй-иу фæр- сæджы йæ диссаджы цæхæрадонмæ бакодта æмæ-иу æй фæткъуытæй хорз федта. Фæлæ иуахæмы зæронд Никъо, адæм фæрсынмæ 441
кæмæ цыдысты, уыцы Никъо йæхæдæг дæр бæллæхы бахауд. Ацы хатт Никъо дзуапп не ’ссардта, фыц- цаг рæнхъы дæргъмæ цы дзырд уыди, уымæн. йæ сæр къултыл цас фæхоста, фыртыхстæй-иу йæ боцъо адаудта, йæ фындз футтытæ кодта, стъол-иу æрхоста, адæргæй уаты дыууæрдæм сси, фæлæ никуы æмæ ни- цы — гуырдзыйы номдзыд дыргъкуыстгæнæджы мыг- гаг «базоным йæ 1бон нæ уыди. Йæ фыртыфырт бадти йæ фарсмæ æмæ цинæй мард. — Бахтадзе!—ныхъхъæр кодта æваст Нйкъо æмæ стъолы размæ бауад. — Нæ йæ базыдтай, — мæстæймарæгау сдзырдта лæппу, — хъуамæ дзы дыууадæс дамгъæйы уа. — Джорбенадзе! — фæхъæр та кодта Никъо. — Уый дæр нæу!—цингæнгæйæ сдзырдта лæппу,—- дьвккаг дамгьæ хъуамæ «о>> уа. Цы гæнæн уыд Никъойæн — йæ къамтæ æрæвæрд- та. Лæппуйы ма æндæр цы хъуыд! Фырцинæй стъол æрхоста, раст цыма барабанæй цагъта, кæнæ «ганда- ганайы» кафты цагъд фæзмыдта, уыйау, стæй хъуы- ды кæныныл фæци. Цалдæр минуты фæстæ лæппу зæрондмæ рохстхуы- зæй скаст æмæ та йæ цæстытæ фæстæмæ журналы фæцавта. — Ницы дын дзы рауайдзæн, — мæстæймарæгау загъта Никъо. Лæппу йæм нæ хъуыста, йе ’нгуылдзæй кроссвор- ды чырынтæ анымадта æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъ- хъæр кодта: — О-ло-ло! О-ло-ло! Ба-зыдтон æй! Исты мазæгъ- дзынæ! — Чи у? — Нæ, нæ, — дæхæдæг æй базон. — Цæмæн мæ мæстæй марыс, Темыр? Дæ зæронд дада йæкуы зыдтаид, уæд æй раджы загътаид, — ба- уайдзæф ын кодта Никъо. Темыр фырцинæй йæ къухтæ æрцагъта æмæ Ни- къойы алыварс æркафыд. — Федтай, федтай!—хъæр кодта уый, стæй фæса- быр æмæ хинæйдзагхуызæй бафарста: — Дада, уый ды нæ дæ, миййаг? 442
— Цытæ лæхурыс? — рамæсты и Никъо, æмæ уын дæр кроссвордмæ æркаст. ’— Æ/гъа, æгъа, дæхи мыггаг дæ дзæбæх куы фе- рох! — гæппытæгæнгæ хъæр кодта лæппу. Никъо та дамгъæтæ анымадта, иннæрдæм ыл цы рæнхъ ахызт, уымæ дæр æркаст. Æцæгдæр — дыууа- дæс дамгъæйы, дыккаг — «о», фыццаг «Б» — Боста- вашвили! Темыр дадайы æфцæджы атыхст, ныхъхъæбыс ын кодта, ныххудти æмæ кæдæмдæр азгъордта. — Боставашвили,— сдзырдта та Никъо,— гъы, ни- чи йæм кæсы, уый дæр дын номдзыд лæг! — Йæ сæры магъзы хъуыдытæ иу иннæйы фæдыл азгьордтой. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, цалдæр мæйы размæ йæм ца- вæрдæр журналы кусæг куыд æрбацыд, уый фæстæ журналы йæ цæхæрадоны тыххæй æмæ Никъойæн йæхи тыххæй дæр куыд ныффыстой, уый, стæй... Никъо йæ сæр банкъуыста: — Боставашвили, и? — зæгъгæ, та бакодта æмæ балкъонмæ рацыд. Хур йæ фæстаг зæрин тынтæ цæхæрадоныл бай- зæрста: пæлæхсар фæткъуытæ, хæрзконд кæрдотæ, ал- тъамитæ — ног дыргъы мыггæгтæ, сæ нæмттæ кросс- вордты нæ, фæлæ суанг чиныджы дæр кæмæн не ’ссар- дзынæ, ахæм ног мыггæгтæ. Рог изæрон фæлм йæхи айтыгъта цæхæрадоныл. Ацы зæххы гæбазыл фæкуыста йæ цард-цæрæнбон- ты зæронд Никъо, фæхаста йæм, æрдзы сусæг чины- джы цыдæриддæр базыдта, уыдон. Фæстаг хуры тын- тæ хъазыдысты бæлæсты сыфтæртыл, сындæггай змæ- лыдысты къалиутæ. Темыр кауы зыхъхъырæй цыдæр сусæг хабæрттæ дзырдта йе ’мбæлттæн. Лæппутæ разыхуызæй сæ сæр- тæ тылдтой æмæ худтысты. Темыр, æвæццæгæн, йе ^мбæлттæн дзырдта, хуымæтæджы мæгуыр зæхкусæг Боставашвилийы ном зындгонд куыд сси, уый тых- хаей.
^\тал^\ч^^ Натрошвили Георгий НОГ ТА УАЛДЗÆГ ИОРИЙЫ Цыбыртæгондæй Дыууæ цæугæдоны — Иори æмæ Алазан баиу вæй- йынц Гуырдзыстоны зæххæй чысыл дарддæр. Уыцы дыууæ къахетаг доны кæм баиу сты, уый уæле, Иорийы дæлвæзты, раст Вашлаван æмæ Пантишари- йы кæмттæ фæйнæрдæм кæм ацыдысты, уым сæхи ай- тыгътой фыдæлтыккон зымæгон хизæнтæ. Уыдонæй хуыздæр ма цавæр зымæгон хизæнтæм бабæлла фысвосдарæг? Уыцы уыгæрдæнты зайы, цы- фæнды хъызт зымæг дæр сийгæ чи нæ кæны, ’араугæ хурæн та басудзын чи нæ комы, ахæм кæрдæг авшани. Иннæ кæрдæджытæ хус къæцæл фестынц хурмæ æмæ сæ дымгæ фæхæссы, фæлæ авшани фæтасын дæр нæ комы. Зайгæ та афтæ бæрзонд кæны æмæ йын миты бын фæуæвæн дæр нæй. Уьшæ гæсгæ Къахеты колхоз- тæ зымæг сæ фосы дзугтæ кæддæриддæр Иорийы уы- гæрдæнты фæдарынц. Уыцы фосдарæнтæ кæд Ширакы тъæпæнмæ æмæ Цъители-цъхъарайы районмæ дард не ’сты, уæддæр адæймаг уыцы хизæнтæм куы бафты, уæд æм афтæ фæкæсы, цыма æгас дунейæ дæр фæхицæн, йæ фарс- мæ цард цæджджинагау кæм фыцы, уыцы бæстæ- йæ дард кæдæмдæр ахауди, авд хохы фæстæмæ, баф- тæн дæр кæдæм нæй, а^хæм ранмæ. Чи зоны æмæ ахæм хъуыдытæ лæгмæ фæзынынц, дæлвæзы алыварс цы хæхтæ æртыхсти, уыдоны уын- 444
дæй, йе та кæрдæджыты æнахуыр хуызтæ — фæнык- хуыз авшани æмæ сырхбын хурхумойы уындæй. Уыцы алыхуызон кæрдæджыты сæрзилынгæнаг тæф дæр бауадздзæн адæймаджы зæрдæйы æнкъарддзинад.' Чи зоны, ахæм зæрдæйы ахаст амы уалдзæг дæр æвзæрын кæны, уымæн æмæ уый, адæм кæуыл сахуыр сты, уы- цы уалдзæджыты хуызæн нæу. Амы æрдз нæ зоны иннæ рæтты чи вæййы, ахæм зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг. Уалдзæджы бурхъæды къутæртæ дидинæг куы ракальщц, уæд сæ алфамбылай бæстæ йæхи сæнтсырх дарæсы æрбатухы, фæззæджы сæ сыфтæртæ ахæм сырх тæмæн фæкалынц æмæ сыл цæст куы ахæссай, уæд афтæ фæзыны, цыма, рæгътыл пил- лон арт сирвæзти. Талм æмæ тæгæр бæласы къудзи- тæй æмбæрзт рæгътæ дæр сæ хуыз скалынц, цыма сыл тарбур гауыз байтыдæуыд, уыйау. Гъеуыцы ахо- рæнтæ иууылдæр сты амы æрдзы хуыз æвдисæг, канд сæрд, уалдзæг æмæ фæззæг нæ, фæлæ ма суанг зы’мæг дæр. Раджы, незаманы кæддæр, ам уæтæртæ чи са- рæзта, уыцы гуырдзиæгтæ дæр ацы бæстæйы зымæ- джы «чысыл уалдзæг» хуымæтæджы нæ хуыдтой. Æмæ гъеныр дæр, раджы заманы хуызæн, куыд- дæр зымæг фæвæййы æмæ Иорийы дон, ног æнхъизгæ сæны хуызæн, æхсидын байдайы, афтæ рæгъаугæстæ æмæ фиййæуттæ сæхи цæттæ кæнын байдайынц сæ фосы дзугтæ скъæрынмæ, сусæны мæйты араугæ хур сæ ,куыд нæ æрæййафй, афтæ... • " • Æрмæстдæр ма иунæг къуыри, стæй уæд фиййæут- тæ сæ дарæн аивдзысты, фосы дзугтæ ацæудзысты æмæтауæд суанг стыр æрæгвæззæгмæ ам адæймаджы къах нал æрлæудзæн, кæсгæ дæр æм ничиуал æр- бакæндзæн, хур кæй сарыдта, уыцы бур кæрдæджы хæлттæй дарддæр. Кæд ма миййаг æнæбары чи.æр- бафта, ахæм цуанон доны был къутæртæй æххормаг стайы ниуд фехъуса, кæнæ хъæддаг дзæргъы фæд ссара, йе, чи зоны, сычъиты дзугыл æрхæца йæ цæсх. Сæрдыгон дзы дойныйæ куы мæлай, уæддæр дын дæ дзыхыл ничи ницы сдардзæн. Куы амæлай, уæд та дын дæ цæстытыл ничи æрхæцдзæн. Алфамбылай иууылдæр вæййы афтид, фиййæутты къуымтæ æдзæ- рæг, æнкъардæй фæлæууынц. , 5 . 445
* * Уыдис уалдзæг. Чъатымы хæхтыл райсомы сæуæхсид йæ хыз æры- тыдта, фæлæ дæлвæзты мигъ йæхи нæма систа. Зæронд Иорам фиййæутты куы афæндараст кодта, уæд йæ къæхты бынæй ныуулæфыд — йæ зæрдæ уыд æнкъард. Ам уæтæры цы лыстæг куыстытæ кодта æмæ кæмæй сфæлмæцыд, йе ’нкъарды сæр æрмæст уыдон нæ уыдысты. Æндæр ын кæй ницыуал куыст лæвæрд- той, ууыл уыди зæронд лæджы сагъæс. Уымæй дæр кæмæн, — зæронд саркалæн1, йæхицæн æмбал кæмæн никуы уыдис, ууыл нал æууæндынц. «Ды, дам, базæ- ронд дæ æмæ, дам, ,дын зын уыдзæн хæххон къахвæн- дæгтыл цæуын». Гъемæ ныр зæронд Иорам уæтæры лыстæг куысты- тæ кæны. Алы райсом дæр куыд фæкæны, афтæ та ныр дæр æппæты фыццаг кæрдзынтæ æвæрæн чырынмæ нык- каст æмæ дзы къæбæр дæр нæ разынди. Кæрдзын кæ- нын хъæуы—афонмæ фиййæуттæ се ’фсæст фосы дзуг- тæ æрыскъæрынц, сæхуыдтæг та æххормаг бирæгъты хуызæнæй æрцæудзысты æмæ та зæронд Иораммæ фæрсæджы цæстæй æрбакæсдзысты. Æмæ сын уый дæр сæ разы хъарм дзул æмæ æрдæгсæрст цыхт авæр- дзæн. Фиййяуæн йæ аходæн гъеуый у. Иорам къулæй арынг райста æмæ йæ сæр ныттылд- та,—йæ быныл хыссæ ныхъхъæбæр. Дысон-изæр хъæ- бынтæ кодтой æмæ сæ уый фæстæ арынг ничи ныххаф- та. Ох, æмæ та уый дæр зæрондæн ныууагътой! Фыс- ты фæдыл æй куынæуал уадзынц, уæдæй фæстæмæ сæ уæтæры йæ къух дæр ничиуал ницæмæ кæны. Сæ къо- на дæр сæ ферох — фæныкæй байдзаг, суг не ’сцæттæ кодтой. Пыхсытæ уæддæр куы æрхастаиккой. Зæрондæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, кæрты иу стыр хъæд кæй лæууы, уый. Фарон-зымæг фыстæ куы сæф- тысты æмæ Иорам горæтæй фæстæмæ ардæм куы ссыди, МТС-ы адæм дæр æххуысмæ куы фæфæдис 1 ] Саркал — хистæр фиййау. 446
сты, уæд уыцы тулдз хъæды къуылдых Иорийы былæи тракторæй уыдон сластой. Уæдæй нырмæ уæтæры кæрты лæууы. Иорам фæ- рæт райста æмæ æркасти хъæдмæ. Æвгъау у, бæргæ, сугæн. Уæтæры суанхъæд бамбыди æмæ ацы тулдз хъæд самай, уæд дзы замманай хъайван рауаид. Уæдæмæ дзы хъавгæ æндзарæнтæн æхсныфтæ ра- цамайа, иннæ афтæ лæууæд. Зæронд лæг бирæ фæцархайдта, фæлæ хур æмæ къæвдамæ хъæд æфсæйнаджы хуызæн ныцци æмæ йын йæ бон ницы баци. Раст цьгма удæгас уыд, уы- йау сæттын нæ куымдта тулдз. Иорам мæсты кæнын райдыдта. Фæлæ канд тулдз хъæдмæ кæй нæ мæсты кодта, уый бæлвырд уыди. Йæ царды цы æвирхъау ивддзинад æрцыд, Иорамы маргæ уый кодта. Адыу- уæ боны фысты сæрдыгон хизæнтæм аскъæрдзысты, фæлæ Иор-амы еемæ Триалетмæ нæ кæнынц. Уый тых- хæй йын Тариман загъта æмæ ма йæ ныхæстæм баф- тыдта: «Дæу, Иорам, хъахъхъæнгæ кæнæм, зæрон- дæй тæригъæд дæ, дард фæндагыл цæуын дæ бон нæ бауыдзæн». Цыма йын фæлмæн рæвдаугæ ньихасыуагæй загъ- та, фæлæ Иорамы ахæм рæвдыд ницæмæн хъæуы. Уыцы лæппутæ къамбецтæй уæлдай не ’сты, домбай, фæлæ знвæггæнаг, хъæдæй сæ сугты æргъом ничи æр- хаста. Се ’ппæтæй тынгдæр Тариманмæ фæхæрам зæ- ронд. Ам æй кæй уадзынц, уый Тариманы уынаффæу. Цы диссаг у, Тариман фиййæутты хистæр кæй ’ у, уый? Уæвгæ йæ ныр бригадир хонынц. Æмæ цас дис- саг у уый? Ном цы давы? Цыфæнды дæр æй хонæнт. Уæддæр Тариманмæ цæрдæгдзинад нæй, æгæр уæз- бын у. Къуырийы фæстæ хъуамæ хохмæ араст уой, афтæмæй нырма фыстæ æлвынынмæ æвналгæ дæр нæ бакодтой. Кæд ма сæ æлвындзысты? Цæуыл хъуыды кæнынц? Цæмæ ма кæсынц? ФæлæкандТариманмæ нæу мæсты. Колхозы сæрдар Никъо дæр æй тынг баф- хæрдта. Фæсивæдæн сæ рохтæ суагъта, Иорамæн та афтæ зæгъы, ды, дам, ныр æнгуз бæласы бын уæл- гоммæ хуысс, баулæф. Стæй канд Никъомæ нæу хæ- рам, фæлæ цардмæ, йæ азтæм, йæ къæхтæ æмæ йын йæ къухты хъару цы’азтæ айстой, уыдонмæ, йæ сæ- 447
рæндзинад, йæ цырддзинад ын ч’и адавта æмæ йын сæ цыма Иорийы доны баппæрста, уыйау ын сæ чи ахасг та, уыцы азтæм. Стæй йын ацы æнæхайыры хъæд дæр йæ уд слас- та. Иорам уымæ дæр мæсты кæны, цыма хъæд æнæ- басæтгæ хивæнд адæймаг у, уыйау. — Бакæс-ода ныр уымæ! Базæронд ис Иорам, нæ? Ныртæккæ йæ фендзынæ, куыд базæронд дæн, уый. Гъа, уæдæ, гъа! — зæгъгæ, фæрæтæй мæстыйæ хоста тулдз хъæд.—Гъа, ноджыдæр дын!—Иорам иуцъус- дуг фæлæууыди, фæрæт йе ’ннæ къухмæ айста æмæ тулдз хъæды бæсты йæхæдæг дзуапп радт.а: — Базæронд дæ, базæронд, уæдæ ма дæхи лæппу хоныс! Иорийы комæй уазал уддзæф радымдта æмæ Иорамы фындзыл ауад авшанийы карз, æксызгон тæф. Уый уыди зæхх æмæ Иорийы доны тæф иумæ кæц- цæгондæй. Иорамæн цыма уьщы тæфæй йæ сæр ра- зылд, афтæ лæугæйæ баззад. Йæ сагъæсæйдзаг цъ^ах цæстытæ цæхæртæ скалдтой. Зæронд йæ фæрæт аппæрста æмæ йæ алыварс къутæртыл йæ цæст ахаста. Дард, доны фаллаг фарс, арвмæ фæцыдысты Чъобан-дагъы хæхтæ, дæлвæз йæ аууон чи бакодта æмæ сæ цыма æгас дунейæ дæр чи æмбæхсы, уыцы кæрдæгæй æмбæрзтхазхтæ. Иорийы цæугæдон ардæм нæ зыны, цыма йæ фæйнæ фæрсты цы цъыхырытæ уйди, уыдон астæу æмбæхсгæ бакодта. Доны уыцы фæрсты сæхи айтыгътой бæркадджын кæрдæг авшани кæм зайы, ахæм уыгæрдæнтæ. Æмæ ныртæккæ уыцы карз, дзæбæх тæф уырдыгæй хæссы дымгæ. Ацу, дам, уæхимæ. Æмæ уым дæр уыдзæн ахæм дымгæ, уырдæм дæр æрбахæсдзæн дымгæ авшани, тырты æмæ пшатийы тæф? Æппындæр никуыдæм ацæудзæн Иорам, иу къахдзæф дæр нæ акæндзæн. Кæй бар ныууадза утæппæт фæллæйттæ? Иорам куы дары йæ цæст уæрыкмæ дæр æмæ фысмæ дæр, хуыс- къæгтаем дæр æмæ дуцгæ фыстæм дæр, зæронд фыс- тæм дæр æмæ далыстæм дæр. Фæлæуут, æрымысдзыс- тут ма сымах зæронд Иорамы, иу мæгуыры бон уы-л куы акæна, уæд! 448
Нырма ныр фæхъуыды кодта Иорам, йæхиимæ кæй дзырдта, уый’. Гъеуыцы низæй дæр ма райдыдта сæйын а фæстаг рæстæджы? Ноджы тынгдæр æрбамæсты, афтæ æр- батыхсти, æмæ фæрæт фелвæста. Цы рæстæг фесæф- та, уый хыгъд дæр акусыны зæрдæйæ, Иорам фæрæт дард фæхаста æмæ йæ къодахыл æруагъта. Цыргъ фæрæт хъæды цъар чысыл æрдавта æмæ хъæд зæронд лæджы къахырдæм фæбырыди, цыма йыл куыдзау фæхæцынмæ хъавыд, уый хуызæн. Ио- рам фефсæрмы ис æмæ фæрæт иуфарсфехста. Хуы- цау бахизæд, исчи йæ куы фена, уæд зæгъдзæн: ба- кæсут-’ма, Иорам куыд базæронд, куыд ныххæррæгъ и, мæгуыр, уымæ. Уæтæры стыр кæрты цъиуызмæлæг нæ уыд; Иорам æхсызгон улæфт скодта æмæ йæ дæрзæг къухæй йæ ныхы хид асæрфта. Нæ, ацы тулдз хъæдæн йæ бон ницы бауыдзæн. Иорам бындзæфхадыл æрбадт. Уый касти дард кæдæмдæр, фæлæ уынгæ ницы кодта. Нæ, æгъгъæд фæуæд, ныр нал асайдзысты зæронд Иорамы, иу каттæй бавзæрста, ардыгæй ацыд ынцы зæрдæниз уыди, уый. Уæд фæрæдыд, æмæ йын уый зондæн бæздзæн. Байхъуыста йæ фырт Леуанмæ æмæ йæ уый дæр тыххæй л-асæгау Калакмæ акодта. Иорам ма уыйразмæ дæр Калачы уыди. Цал æмæ цал хатты ацыди горæты кæрæтты, фосы дзугты зы- мæгон хизæнтæм æмæ фæстæмæ скъæргæйæ. Æмæ-иу алы хатт дæр бауади йæ фырты фатермæ, сывæллæт- ты фенынмæ. Æрмæст æм а фæстаг азты никуал уы- ди. Айразмæ йæ ’ Леуан ардыгæй бынтондæр куы акодта, уæд сæм бирæ нæ бафæрæзта, æнкъард кæнын байдыдта, кæд æм фырт дæр, чындз дæр æмæ йæ фырты сывæллæттæ Митъо æмæ Ламарæ дæр дзæбæх цæстæй кастысты æмæ йæ рæвдыдтой, уæддæр. — Ламарæ, уый дуары дзæнгæрæг у æви тили- фоны? — райхъуысти къухнайæ дзурын, стæй тыргъ- мæ ракасти къæсхуыргомау рæстæмбис кар сылгой- маг. 29 Райдзаст Гуырдзыстон 449
— Дуары дзæнгæрæг, — дзуапп радта гыццыл чызг. — Акæс-ма, генацвале, цымæ чи у, — загъта сыл- гоймаг æмæ фæстæмæ къухнамæ баздæхти. Уатæй разгъордта цыппæрдæсаздзыд дæргъындзæг чызг æмæ гæппытæгæнгæ тыргъы дуармæ батахт, æх- гæнæн иу фарс фессыдта, дуар байгом æмæ йæ бына- ты сагъдауæй баззад. йæ разы лæууыди йæ фыдæмæ бæрзонд къæсхуыр зæронд лæг; йæ цæсгом—æнцъылд- тæ, йæ урс рихитæ — зæбул. йæ бакаст — æнкъард. — Чи у, чи, Ламарæ? — ног та райхъуысти сылгой- маджы хъæлæс. Дзуапп ын куы ничи радта, уæд йæхæдæг рацыд. — Уый куыд у, куыд, мæ чызг, бабайы нал зо- ныс? — бахудти Леуан йæ чызгмæ. Ламарæ уайтагъд нæ базыдта йæ фыдыфыды, уы- мæн æмæ йæ арæх нæ уыдта. Чызджы зæрдыл лæу- уыди: чыеыл, хæрз чысыл ма куы уыди, уæд ын баба рæсугъд уæрыкк æрбаласта æмæ йын æй балæвар кодта. Стæй æнæуи дæр арæх мысыдысты бабайы. Ба- байы тыххæй бирæ фехъуыста. Æмæ кæд Ламарæ уæндон чызг уыди, уæддæр ныр ныфсæрмы. Никæйуал уыдта: нæдæр йæ фыды, нæдæр йæ мады, нæдæр, ба- байы уæззау хордзентæ чи схаста, уыцы к^ертмæр- зæджы. Æмæ та ног йæ мады хъæлæс йæ хъустыл ауади: — Ламарæ, цæй-ма, мидæмæ сæ ряуадз! — æмæ Нелли йæ хицаумæ бауад: — Нæ бафæлладтæ, баба? Цæмæн нæ ферох код- тай, исчи афтæ кæны? Кæсыс, сывæллон дæ зонгæ дæр нал бакодта. Иууылдæр мидæмæ бацыдысты. Леуан уайтагъд йæ куыстмæ фæрасти, Нелли та къухнамæ бацыд. Ламарæ йæ фыдыфыдимæ иунæгæй куы баззад, уæд фæныфсджындæр æмæ ныхас кæнын байдыдтой. «Кæс- ма, кæс, йæ зæрдыл лæууыдтæн, уарзы мæ»,—ахъуы- ды кодта Иорам æмæ йын фæлмæн мидбылты худт йе ’нцъылдтæ цæсгом барухс кодта. Уалынмæ Митъо дæр университетæй æрбаздæхти. Уымæн тынг æхсызгон уыди йæ фыдыфыды фенд, апъа йын кодта, æмæ ма йын бапъирозты къопп дæр 450
йæ разы авæрдта; фæлæ зæронд йæ сæр банкъуыста, нæ дымын, зæгъгæ. Изæры бинонтæ иууылдæр куы æрæмбырд сты, уæд æхсæвæры размæ дзурын райдыдтой боны ха- бæртты тыххæй. Ламарæ цалдæр хатты радзырдта, йæ къласæй иу лæппу историйы урочы куыд фæкъуых- цы ис, уьгй тыххæй, Леуан æмæ Митъо, райдианы футболæй хъазт куыд ацыди, ууыл дзырдтой, хъаз- джытæн алыхуызон аргъ лæвæрдтой, стæй шахмæт- тæй хъазыныл æрбадтысты. Нелли архайдта къухна- йы. Хæринаг стъолыл куы æрæвæрдта, уæд кæсы æмæ Иорам иуварс бады æмæ æркув-æркув кæны. — Уый куыд у, уый, бабайы иунæгæй куы ныу- уагътат? — зæгъгæ, бауайдзæф кодта Нелли йæ лæг æмæ йæ сывæллæттæн. Иууылдæр та зæрондыл амбырд сты æмæ сæ хъæуы кой кæнын райдыдтой. Леуан æрьгмысыд, Ио- рийы донбылтыл-иу куыд хъазыди, гыццылæй цы бы- нæттæ уарзта, уыдон. Зæронд лæгæн та уый йæ зæрдæ фæцагайдта. йæхæдæг дæр ныртæккæ Иорийы хизæн- тыл хъуыды кодта æмæ йын цыма йæ фырт йæ зæр- дæмæ ныккасти. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд сын Нелли уæттæ бакодта æмæ иууылдæр схуыссыдысты. Иорамæн йæ хуыссæг фæлыгъд. Хъæрзгæ, уы- нæргъгæ бирæ фæрафæлдæх-бафæлдæх кодта. Фæл- мæн хуыссæнтыл ахуыр нæ уыд, стæй алыхуызон хъуыдытæй сæр байдзаг. Æрæгмæ бафынæй Иорам, фæлæ райсомæй хъал се ’ппæты разæй раци. Аходæны фæстæ Леуан йæ куыстмæ ацыд, Митъо университетмæ, Ламарæ скъо- ламæ, Нелли та — базармæ. Зæронд иунæгæй баззад„ йæ зæрдæ рыст, ныр æй кæй никуыдæмуал тагъд кæ- нын хъæуы, ууыл. Афтæмæй рацыд иу бон, дыууæ боны, æртæ... Иорам бамбæрста, æгуыстæй бадын йæ бон кæй нæу, уый. Æмæ йæ фыртæн загъта, исты куыст ын куыд ссара, афтæ. Леуан йæ фыдæн куыст агурын бай- дыдта æмæ иу къуырийы фæстæ зæронд фиййау ку- сын байдыдта къахыдарæсгæнæн фабрикæйы хъахъ- хъæнæгæй. 451
Зæронд Иорам лæууыди фабрикæйы -дуармæ æмæ æддæмæ дæр æмæ мидæмæ дæр чи цыди, уыдоны бæ- рæг кодта. Æнцон хъуыддаг уыдис уый, фæлæ зæронд лæгæн йе ’кхæст кæнын æнцон нæ уыд. Иорам хъуамæ фьщ- цаджы-фыццаджыдæр кастаид уымæ, цæмæй æцæ- гæлон адæймаг фабрикæмæ ма бацыдаид, стæй дзы сæрак иуыд ничи рахастаид, афтæ. Фæлæ зæронд лæг искæй дзыппытæ куыд сгара? Иорам алкæуыл дæр æууæндыд. Уæд рацæй-рабон æмæ кæрдджыты цехæй æнæ- хъæн сæрак фесæфти. Бæстæ змæлд сси, слест кæнын байдыдтой, фæлæ аххосджынты не ’ссардтой æмæ уæд зæронд Иорамыл тæрхондонмæ балæвæрдтой, дав- джыты бауромын нæ бафæрæзта, зæгъгæ. Фыдгулæн дæр акæм маст бавзарын адæймаджы цæст нæ бауарздзæн. Ныр дæр уыцы бон йæ зæрдыл куы æрбалæууы, уæд йæ буар нырризы, стæй йæ сæр ныттилы, цыма уыцы хъуыдытæ йæхицæй фæсурынмæ фæхъавы. Фæ- лæйæ уыдон уæддæр иу ран нæ уадзынц, ногæй тайæ сæры февзæрынц. Иорам сæ стыхсы, йæ сæрæн сæ нал вæййы... Цæй æвирхъау бон уыдис уый! Зæронд фæзмæ, базармæ хæстæг, адæм æмбырдтæ кодтой, цыма сæрмагондæй зæронды фенынмæ æрцыдысты, цыма зæронд Иорамæн йæ дзыппы пъавескæ, афтæмæй тæр- хондонмæ кæй цæуы, уый зыдтой, уыйау. Иорам цы- дис йæ’къæхты бынмæ кæсгæйæ —куыд никæйы уыд- таид, афтæ. Æрмæстдæр иунæг хатт скасти æмæ фæкомкоммæ айнæджы тигъыл Метехы фидармæ. «Æмхъæлдæн, ныр уьим ахæстон нал ис», — ахъуыды кодта йæхинымæр. Иорам асинтыл тæрхондонмæ схызти. Залмæ йæм куы басидтысты, уæд райдианы йæ алыварс чи уыди, уыдонæй никæй федта, стæй цыма мигъ фæйнæрдæм ахæлиу, уыйау ауыдта тæрхонгæнæджы: цавæрдæр æрыгон чызг бадти стыр арф къæлæтджыныл. Чыз- гæн йæ галиу фарс бадти Иорамы хуызæн æнцъылд- тæ цæсгом зæронд лæг, йæ рахиз фарс та — рæстæм- бис кар сылгоймаг. Чызг куы сæ иумæ æргуыбыр кæ- 452
ны, куы сæ иннæмæ æмæ сын сусæгæй цыдæртæ адзуры. ; Зæронд Иорамы дæр иуварс, даргъ бандоныл æр- бадын кодтой. Ехх, номдзыд саркал! Цы дыл æрцыди уый, цæ- мæ æрхаудта дæ зæронд сæр? Ау, ацы бæллæх æцæ- гæй дæр дæуыл æрцыд æви тæрхонгæнинæгты бан- доныл æндæр исчи бады? Фæлтау арв æмæ зæхх кæ- рæдзи куы хостой æмæ фысæй, фиййауæй се ’ппæты дæр дон куы фæласта, уæд куы амардаис! Зæронд лæджы мæллæг æнцъылдтæ уадулыл цæс- тысыг æртылди. Кæуыл кæуы? Уæд чи фесæфт, уыцы лæппутыл æви йæхиуыл? йæ цинелы фæдджийæ йæ цæстысыг асæрфта æмæ та бакасти тæрхонгæнæгмæ. Цæмæн æм кæсы уыцы чызг афтæ æдзынæг? Æвæц- цæгæн ын йæ цæстысыгтæ федта æмæ йæм уый диссаг фæкасти. Ехх, зæронд, зæронд, фæлтау кæддæр хъæуыл цы хабар айхъуысти, уый æцæг куы’ разындаид. Уæд чи- дæр фæфæдис кодта, Триалеты хæхты, дам, Иора- мы амардæуыд. Фыдгæнджытæ, дам, ын йæ фос атæ- рынмæ хъавыдысты, Иорамыл сæхи ныццавтой æмæ йын хъамайæ йæ тъæнгтæ скарстой. Иорам уæд æры- гон уыди, ног усджын. Æмæ йын йæ ног хаст ус Ма- ромæ уыцы сау хабар куы бахастой: Иорам дын кæм- дæр хæхты æнæ ныгæдæй лæууы, æгæр-мæгуыр нымæ- тæй æмбæрзт дæр нæу, зæгъгæ, уæд Маро бæхыл саргъ авæрдта æмæ Триалетырдæм фæцагайдта. «Кæд ма, миййаг, æгас у, — хъуыды кодта Маро, — уæд уадз æмæ мæхи раз амæлæд, кæд мард у, уæдæй баныгæндзынæн, дзæгъæл, миййаг, куы нæ у. Маро йе ’гасæй æдзух дæ мæт куы кодта, уæд дæуыл цы æр’цыди, дæ зæрдæ дын цы ныйих код- та, ныронг цæуыннæ искуы æрымысыдтæ дæ би- нойнаджы? Иорамæн йæ зæрдыл æрлæууыд, Маро йæм Триа- летмæ куы бахæццæ ис, уыцы бон дæр. Иорам хуыс- сыди цæфæй, æмæ йæ бинойнаг æнæнхъæлæджы йæ нывæрзæн февзæрд, Абулгъы хохы фæстæйæ стъалы куы скæса, уыйау. Йе ’рттиваг цæстытæ уыдысты иæссыгæй дзаг. Ахæм цæстытæ дунейыл никæмæн уыд. 453
Кæд сын Иорийы был цы дидинджытæ зади, уыдони- мæ уыд абарæн, æндæр ницæи-мæ... Иорамæн та йæ цæстытæ доны разылдысты. Куы ничи йын сæ фенид. Иораммæ æппындæр ничи хъусы. Бафарстой йæ йæ ном, йæ мыггагæй, уыцы æнæхайыры сæрачы кой дæр скодтой. Уалынмæ залы кæйдæр дзурын ссыди: дыууæ фиййауы цыма Иорийы хизæнты уыдысты, аф- тæ хъæрæй ныхас кодтой. • Кæцæй фесты ам? «Уæвгæ иæттæгæнæн къантор ам хæстæг куы ис, — йæ зæр- дыл æрбалæууыд Иорамæн, — æвæццæгæн, цæттæгæ- нæн пунктмæ фыстæ æрыскъæрдтой». Кæддæр Иорам йæхæдæг дæр æрыскъæрдта уырдæм хаст фыстæ. Фий- йæуттæ ныр уырдыгæй æрбацыдысты. — Хъус-ма, Гио! — Иорамы хъустыл ауад зонгæ хъæлæс. — Ацы зæронды нал зоныс? Гъеуый хъуаг ма уыди Иорам. Уый хуыцаумæ куЫвта, ам иунæг зонгæ дæр куы нæ разынид, зæгъ- гæ, æмæ ныр гъа, марадз... Ам дæр та йын нæ фæтæ- ригъæд кодта йæ хъысмæт. Уалынмæ йæ хъустыл ауад иннæ фиййауы бæзджын хъæлæс дæр: — Фæлæуу-ма, Иорам нæу, Иорам, ацы зæронд лæг? Фæлæ уайтагьд фæдызæрдыг: — Уæвгæ Иорам ам цы ми кæны? — Иорам у, нæ фехъуыстай, йæ номæй йæм куы сдзырдтой. Тæрхонгæнæг дзæнгæрæг ныццагъта; уый фий- йæуттæн æмбарын кодта, ома уæхи дарын куы нæ зонат, уæд уæ æддæмæ арвитдзынæн, зæгъгæ. Фий- йаеуттæ фæхъус сты, фæлæ тæрхонгæнæгмæ мæсты каст кæнын байдыдтой. — Хъус-ма Гио! — Иорам та айхъуыста зонгæ хъæлæс. — Тæр1хонгæнæджы нæ зоныс? Уый Дзидзи- лашвилиты чызг у. Хъуыдьнма «æныс, йæ фыд Миха- къо йæхæдæг куы дзырдта: мæ чызг, дам, огорæты тæрхонгæнæгæй кусы. Дыккаг фиййау чызгмæ бæлвырддæр бакасти æмæ хъæрæй, иууылдæр æй куыд фехъуыстаиккой, афтæ дзуапп радта: . — Р1æхæдæг дæр мæгуыр зæхкусæджы хæдзары 454
куы охъомыл ис, уæд æй нæ воны, зæронд саркал хуыс- нæджыты нæ бааууон кодтаид, уый. Иорам тæрхонгæнæджы ныхæстæм нæ хъуыста, йæ хъуыдытæ йын фиййæуттæ сæхирдæм аздæхтой, цы- м«а йæ хъысмæт уыдонæй аразгæуыди, цыма мæйдары кæцæйдæр рухсы тын фсрттывта, уыйау. Зæронд лæг фæныфсджындæр, йæдæсгом барукси. Фæлæ тарай- хъуыст фыццаг фиййауы зынæрвæссон мæсты ныхас: — Мæгуыр зæхкусæджы хæдзары цал æнаккаджы схъомыл ис, уал хорзы мæ уæд. Æмбисондæн куы баззади. Иу сидзæры, дам, фæрсынц: «Уæ, сидзæр, кæй цæвынмæ хъавыс?» Уый, зæгъы, афтæ: «Чи мæ схъомыл скодта, уый!» Афтæ арæзт у, гъе, мæ лымæн, ацы дуне. «Æвæццæгæн, уый раст у», — ахъуыды кодта Ио- рам æмæ йæм æнæнхъæлæджы цы ныфсы рухс æрба- каст, уый ^хуыссыд. Æм’æ та йæ цавæрдæр мæйдар æрбатыхта йæ хъæбысы. Уымæй фæстæмæ^ Иорам ницыуал феХъуыста, цы йын стæрхон кодтой, уый дæр нæ зыдта. Фæлæ йæм уæддæр тæрхонгæнæг афтæ æдзынæг цæмæн кæсы? Цæуыл бацин кодтой фиййæуттæ? Цæуыл худынц, кæуын ыл куы хъæуы, уæд? Стæй адæм дæр цæуыл схор-хор кодтой? Цæй тыххæй йын арфæ кæнынц? Æви бынтондæр цæмæй сæрра уа, уый сæ фæнды? Цы хабар у ай? Фæлæ йæм мæнæ æрбацыди тæрхонгæнæг чызг. Иорам ын йæ ныхæстæ не ’мбары, кæд чызг гуырдзиагау дзуры, уæддæр: . — Мæ фыды хай, цæуыны бар дын ис! йæ цурмæ бацыдысты фиййæуттæ дæр. Иорам сагъдауæй лæууы æмæ иу ныхас зæгъын дæр йæ бон нæу. йæ зæрдæ афтæ тыхджын кусы æмæ йæ гуыпп- гуыпп йæхимæ дæр хъуысы. Кæмдæр федта ацы фий- йæутты, фæлæ кæм? Триалеты, Иорийы æви Тари- -банийы? Кæд æй йæ зонд сайы, миййаг? Æви сын Иорийы судзгæ хур æмæ комы æрра дымгæ сæ цæс- гæмттыл цы æнæивгæ фæд ныууагътой, уый у зонгæ Иорамæн. Ай-гъай, æвæццæгæн, уырдыгон сты. Æгас дзыллæты æхсæн дæр ис базонæн Иорийы фиййæут- тæн. Æмæ сæ цыма рагæй зоны, афтæ дæр æм уымæн кæсы. Фæлæ йын уæддæр йæ ном цæмæй зонынц? 455
Йе ’мбал Гио кæй хуыдта, уыцы фиййау Иорамæн йæ къух райста æмæ йын загъта: — Ам куыд бадыс, Иорам, уæ фыстæ уым сæфгæ куы кæнынц, уæд? Зæронд лæгæй æрбайрох, ныртæккæ дæр ма цы фыдбылызы ран уыди, уый æмæ ахъуыды кодта, ома, раст уыди, йæ зæрдæ йæм, макæ, ам Иорийы баззай, зæгъгæ, куы дзырдта, уæд. Æмæ тарстхуызæй фий- йæутты афарста: — Æмæ цы хабар у, цы æрцыди? — Уæ сæрдар йæхи ницæмæй батыхсын кодта,— нæ хос баласта Иоримæ, нæ сысджы. Ныр æрбазы- мæг æмæ фиййæуттæ цы кæной, уымæн ницы зонынц! Тариман сæрдармæ ныффыста: «Никъо, нæ фыстæ сæфынц, æмæ-иу нæ фехъуыстон ма зæгъ, нæхи Иори- йы фыцгæ |даны куы бакалæм, уæд. Нæ фысты тæри- гъæд дæр-иу ды фæхæсс æмæ нæ бинонты тæригъæд дæр». Уыцы ныхæстæ топпы нæмыгау ахызтысты Иорамы зæрдæйы. Нæ, ныр иунæг бон дæр нал баззайдзæн ам, кæй сæ фæнды, уый сæвæрæнт фабрикæйы дуар- мæ дæр. Уый уым, Иорийы уæтæрты, æхсызгондæр хъæуы. Фиййæуттæ Иорамæн хæрзбон загътой æмæ тæр- хондонæй рацыдысты. Зæронд баззади йæхи хъуы- дытимæ. «Нæ, æз хъуамæ аздæхон уæтæртæм», — загъта йæхинымæр æмæ уыцы уынаффæйыл куы ныллæууыд, уæд та йын чысыл фенцондæр. Тæрконгонд фесты, фæлæ Иорам цæуыныл нæ тагъд кодта. Уый сабыргай æрхызти, уæлæмæ цы аси- ныл ссыд, ууыл æмæ дуаргæрон æрлæууыд — тæр- хонгæнæг чызджы ма куы федтаид, уый йæ фæн- дыди. Бирæ йæм фенхъæлмæ каст. Уазал цъыччытæ код- та, фæлæ Иорамы зæронд стджытæ ницы æмбæрстой. Миты тъыфылтæ йæ цæсгомыл тадысты. Йæ дыс йæ цæсгомыл æрхаста, фæлæ ацы хатт йæ цæссыгтæ сæр- фынмæ нæ. Æппынфæстаг тæрхонгæнæг дæр рацыд. Иунæгæй 456
у, Иорам уый’ куы ауыдта, уæд фæныфсджындæр æмæ йæ размæ ацыд. Чызг æм дардæй бахудт. — Цæмæй мæ зоныс, мæ хур? — бафарста йæ Иорам. — Зонгæ дæ нæ кæнын, мæ фыды хай, — сабыр- гай дзуапп радта чызг. Иораод ахæм дзуапмæ не ’нхъ’æлмæ касти. — Уæдæ ды нæ зыдтай æз... — Иорамæн йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын йæ бон нал баци. Уый зæ- гъынмæ хъавыд: «Ды нæ зыдтай, æз кæй ницы аххос- джын дæн, уый?» — Зыдтон, мæ фыды хай, зыдтон,—загъта чызг,— тæрхондон кæддæриддæр рæстдзинад фæзоны... Æмæ уæд ды нæ фехъуыстай, залы цы фиййау бадти, уый мын куыд бауайдзæф кодта: ома, æз мæхæдæг дæр мæгуыр зæхкусæджы хæдзары схъомыл дæн. Цы зæгъынмæ хъавыди уымæй? Иорам цинхуызæй фæхъæр кодта: — Хæрзаг амондджын сты дæ ныййарджытæ, ахæм чыэг кæмæн ис! Æмæ дæ мьгггат та кæмæй у, мæ .хур, дæ мыггаг? Чызгæн йæ уадултæ сырх-сырхид афæлдæхтысты. Нырма фарон фæцис институт каст æмæ йын ныр æх- сызгон уыди, кæй дзы æппæлыдысты, уый. Фæлæ йæ цнн нæ равдыста æмæ загъта: — Ма мын арфæтæ кæн, мæ фыды хай. Фæлæ йæ Иорам нал æмæ нал уагъта, уымæй рох нæ уыди, чызджы фиййæуттæ кæй базыдтой, уый, æмæ та йæ бафарста: — Уæддæр кæцон дæ, зæгъ мын æй? — Æз Ипъниохъеваг дæн. Дзидзилашвили Мика- къойы кой фехъуыстай? Æз уый чызг дæн. Цæргæ та кæнæм тæккæ хъæугæрой. Иорам хъуыдыты аныгъуылд: уый бирæ хæттыты уьпди Ипънисхъевийы, фæлæ дзы цьгма Михакъойы нæ зыдта... Уæвгæ, чысыл ма йæ зæрдыл лæууы, иухатт æй иу лæг йæ хæдзармæ бахуыдта — уый дæр хъæуы кæрон царди — æмæ йæ арахъхъ æмæ инжирæй хорз федта. Чи зоны, уый Дзидзилашвили Михакъо уыди. Иæ кæрты дыууæ чызджы дæр разгъор-базгъор кодта,. чысыл, хæрз чысыл дыууæ дзыкъыйы. Сæ иуы æрф- 457
гуытæ уыдысты раст тæрхонгæнæг чызджы æрфгуыты халдлх. Чызджы ныхас ын йæ хъуыдытæ фескъуыдта. — Æз дæ нæ зонын, мæ фыды хай, фæлæ дын дæ ном фехъуыстон. Чысыл ма бахъæуа, Иорамæн йæ зæрдæ йæ риуæй тма рагæпп кæна. Цыма та йе ’рыгондзинад, йæ тых, æмæ йæ сæрыстырдзинад фæстæмæ раздæхтысты. Уынгтæ цъыф, мит уары, фæлæ Иорамæн уазал нæу. Йæ зæрдæ у хъæлдзæг æмæ йæм афтæ кæсы, цыма арвы астæуæй хур кæсы. Цы зæгъа ныр ацы чызгæн? — Хуыцауæй разы, æгайтма расттæрхондоны тæ- рæзтæ ахæм æууæнкджын къухты сты! Хуыцауы ар- фæйæ хайджын уæд, дæу чи схаста, уыцы мады риу, мæ хур! Уынгты цæуджытæ-иу фæлæууыдысты æмæ дис- гæнгæйæ кастысты, йæ бакастмæ гæогæ хъæуккапхуыз чи уыди, уыцы бæрзондгомау зæронд лæг æрыгон чызджы ныхæн куыд пъатæ кæны, уымæ. Иорам чызгæн хæрзбон загъта, фабрикæмæ ба- цыди, цы æхца йæм цыди, уыдон райста æмæ сæ хæ- дзармæ рараст. Зæронд Иорам уынгты цæугæ нæ код- та, фæлæ тæхгæ, цыма йыл раст базыртæ базад, уый хуызæн. Ныртæккæ фендзæни йæ бинонты, цы фыд- былызы бахауди, уый нæ зонынц æмæ сын æй сæрæй бынмæ радзурдзæн. Фæлæ æваст йæ зæрдыл æрбалæууыд, — йæ фырт •æй ницæйы тыххæй ауадздзæн. Райдайдзысты та дзу- рын: «Баулæф, æгъгъæд дын у, базæронд дæ...» Нæ, сæ хæдзармæ йын цæуæн нæй. Зæронд лæг йæ цыд фæсабырдæр кодта, стæй ныл- лæууыд, ахъуыды кодта, фабрикæйæ цы æхца райста, уыдон анымадта æмæ йын сæ хъæумæ фæндаггаджы фаг уыдзысты, уый куы базыдта, уæд троллейбусты лæууæнмæ бацыд. Вагзалмæ æрцыд æмæ поездмæ билет райста. Поездь арастмæ ма уыди фондз сахаты. Иорам ваг- залы стыр залы арацу-бацу кодта, стæй даргъ бан- доиыл йæхи æруагъта. ’ Залы хьарм уыди. Фæлладæй Иорам уайтагъд 458
■афынæй. Фæстагмæ ма цы фехъуыста, уый уыди дзи- дзидай сывæллоны кæуын, йæ бакомкоммæ æрыгон лæг цы сывæллоны бафынæй кæныныл архайдта, уый кæуын. Уалынмæ сывæллон басабыр. Æмæ Иорамы хъус- тыл ауади цавæрдæр уæрыччыты уасын. Кæцæй æр- бахаудтой ардæм уæрыччытæ? Искуыдæр ма фыстæ зымæджы фæзайынц? Фæлæ уæрыччыты уаст тынгæй-тынтдæр кæны. Ау, йæ фыны сæ уына? Кæд дæ хъустыл ие ’ууæндыс, зæронд, уæд та дæ дæстытыл баууæнд! Мæнæ уыгæрдæн, фыстæй хур- туаны хуызæн. Мæй арвы астæуæй зæхмæ фæлгæсы. Фæлæ фиййæуттæ кæдæм æрбадæлдзæх сты? Чи сын радта утæппæт дзугтæ дзæгъæл ныууадзыны бар? Иорам ма иу хатт йæ алыварс йæ цæст ахаста: йæ сæрмæ ауыгъдæй лæууынц Чъатымы къæдзæхтæ. Уыр- дыгæй йæм æрыхъуыст бирæгъты ниуын: — У-у, Саумукъу, Æхсынæг, Цъæхрагъ, ардæм, ардæм, æфсымæртæ! Фиййæуттæ сæ фос дзæгъæл ныу- уагътой, хохы хизæнтæм ивынмæ хъавынц æмæ кеф кæнынц, фыстæн сæ цуры лæг нæ, фæлæ куыдз дæр яал ис! У-у-у, уе ’ппæт дæр ардæм... Æз мæхæдæг ацæудзынæн уæ разæй!.. Иорамы фын æвиппайды фескъуыди. йæ цæстытæ аууæрста, кæсы æмæ йæ фарсмæ бадынц Митъо æмæ Ламарæ. Митъо дзуры Иораммæ: — Тыххæй дæ ссардтам, баба. Мамæ æмæ дæ па- пæ та рынчындæтты агурынц. Æз æй уайтагъддæр зыдтон, ам уыдзынæ, уый. Нæхимæ цæуылнæуал æр- бацыдтæ? Истæуыл фæтæргай дæ? — Дæуæн ардыгæй ацæуæн нæй, баба, — загъта Ламарæ æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. Иорам ницы дзуры. — Цом, дада, нæхимæ, — лæгъстæ йын кæны Ми- тъо, — цом, машинæ нæм æнхъæлмæ кæсы. — Нæ, бабайы хур, æз хъуамæ нæхимæ хъæумæ лздæхон, — Иорамæн йæ фын йæ зæрдыл æрбалæу- уыд. — Æвзæр фынтæ уынын. Ам амæлын мæ нæ фæн- ды, ауадзут мæ нæхимæ, мæ хуртæ. 459
— Истæмæй дæ бафхæрдтам, миййаг, баба?—нал æмæ йæ нал уадзы Митъо. — Нæ, мæ хъæбул, мæн ничи бафхæрдта. Æз сы- махмæ куыд амондджын вæййын, дæ цард æдзух дæр афтæ уæд. Фæлæ мæ зæрдæ æхсайы, хъæумæ мын æнæаздæхгæ нæй. — Æз дæ нæ ауадздзынæн, — фæхъæр кодта Ми- тъо æмæ йе ’фцæгыл ныттыхст. Иорамæн йæ зæрдæ фырцинæй сгуыпп-гуыпп кодта, — уæдæ йæ уæд бирæ уарзынц. — Ауадз мæ, мæ хъæбул, æз ам нæ бафæраздзы- нæн. Ау, тыххæй мæ бауромдзынæ? Митъо бамбæрста йæ фыдыфыды, йæ еæр батылд- та æмæ загьта: — Цæй, дæхи куыд фæнды, афтæ бакæн, баба. Æрмæст дæ иу хъуыддаг курын, мауал ацу Иоримæ, хъæуы дæр хæдзармæ фæкæсæг нæй. Митъо æмæ Ламарæ Иорамы ватоны сбадын код- той æмæ сæхимæ рацыдысты. Ехх, кæннод ныр уыдæттæ хъуыды кæныны рæс- тæг у, тагъд æххормаг фиййæуттæ куы æрцæудзысты, уæд сын сæ разы цы æрæвæрдзæн? Зæронд лæджы йæ арф хъуыдытæй фескъуыдта машинæты хъæр. Æрбаластой хæлц, стæй фысты сæр- дыгон хизæнтæм чи скъæрдзæн, уыдонæн дарæс. Иорам йæ хъæдимæ ар’хайын фæуагъта, быруйы размæ бацыд æмæ машинæтæм ныккаст. — Ей, къамбецы мыггаг, сабырдæр скъæр! Æрра дæ æви? — ныхъхъæр кодта Тариман, æмæ ма шофы- рæн дæр йæ къухы тыххæй бафтыд машинæ бауро- мын. Чысыл ма бахъæуа, фæндаджы былтыл урс ди- динджыты хуызæн чи ныххæлиу, уыцы уæрыччыты дзугыл ма баскъæра йæ машинæ. Æнæфыдбылызæй баззадысты, уый куы федта, уæд Тариман уæзласæн машинæйыл йæ цæст ахаста. Уый йедзаг уыд алы кусæндарæсæй, хæринагæй, стæй фиййауы зын фæн- 460
дагыл цыдæриддæр фæхъæуы, ахæм лыстæг дзау- майæ. Бригадир кæбинæмæ бакаст. Уырдыгæй йæм йæ мидбылты худти шофыр, хъæлдзæг, хъазаг лæппу, æгас хъæуы хæлар. — Байриай, Тариман! Куыдтæтæ мьш цæрыс? — йæ цæст æрныкъуылдта шофыр æмæ уæрыччыты- рдæм бакæсгæйæ бафарста: — Цæй раджы сæ баиртæстат. Тариман йе ’рфгуытæ фæтар кодта, шофырæн цы- дæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ фæндаджы был иу гыццыл уæрыкк сыджыт афтæ зыдæй хордта æмæ уы- мæ кæсгæйæ сдзурын ницуал бафæрæзта. — Цы ми кæныс уый, мауал сырæзай?! — æрба- мæсты уæрыкмæ Тариман, æмæ цьима æгоммæтæс сывæллон уыди, уыйау æй йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ йын йæ армытъæпæнæй йæ сыджытæй дзаг сырх •былтæ асæрфта. — Цы зæгъыс? — азылди Тариман шофырмæ. — Æгæр раджы, зæгъын, баиртæстат уæрыччыты. — Æмæ дæу та чи фæрсы раджы æмæ æрæджыйæ? — Куыд чи? Хохмæ сæ не ’скъæрут æмæ гьщцыл уæрыччыты хурхæй амардзыстут. Æмæ та сæ уый фæстæ чи ласдзæн. Мæ ласинаг нæ уыдзысты? — Ма тæрс, æккойæ хæссын дын сæ нæ бахъæу- дзæн. Фæлтау ма мын зæгъ, цæмæн байрæджы код- тай? Агрегат кæд æрбаласдзысты? — МТС-ы машинæ нæ фæстæ æрбацæуы, æмæ йæ уый æрбаласы, — шофыр та уæрыччытырдæм фæкас- ти: — Дзæбæх сты, æвæдза, хъомыл... — стæй та су- сæгвæндгæнæджы хуызæн й^е мвдбылты бахудт æмæ Тариманмæ йæ цæст æрныкъуылдта: — Мæ цæуыны агъоммæ мын бухгалтер афтæ, мæ номæй, дам, Тари- манæн зæгъ æмæ уæрыччыты фенæд, кæд, дам, дзы чи нæ бæззы, ахæм разынид, йæ къах саст кæ- мæн у... — Уæ къæхтæ æмæ уæ бæрзæйтæ асæттутдæ бух- галтеримæ, — дзурын нал суагъта Тариман шофыры. — Мæлæты тæвдне ’рбадæ, мæ лымæн! — Фесæф ардыгæй! Кæцæй цы ратонай, ууыл зи- лыс. Сымах бухгалтеримæ цы стут, уый æз хорз зо- 461
нын! «Цæй раджы баиртæстат уæрыччыты?» Ничи йæм кæсы, мæтгæнæг сыл сси. Бæрæг уыди, Тариманы зæрдæ дæр уыцы хъуыд- дагмæ кæй æхсайдта, уый. — Уымæн сæ баиртæстам æмæ дæ бухгалтер раст банымайынæй йæ удхæссæг уыны. Фæззæджы афтæ банымадта, æмæ нæм цыхтæй чи уыди, уыдон бай- уæрстам. Ныр ныллæууыди æмæ афтæ зæгъы, трак- тористтæн, дам, ног цыхт дæттын хъæуы. Æмæ ма нын цы гæнæн ис? Бавдæлдыстæм æмæ уæрыччыты сæ ма- дæлтæй фæхицæн кодтам. Уыныс, дæуæн дæр уæрыч- чы тыххæй бафæдзæхста. — Хъус-ма, æз æй загъд кæныны тыххæй нæ загъ- тон. Кæд дзы, миййаг, иу гæмхетт уæрыччы хъус ис... — Дæхæдæг гæмхетт! — æрбамæсты Тариман, — цæугæ, цæугæ! — загъта бригадир æмæ дарæнтырдæм йæ къухæй ацамыдта. Шофырæн йæ хъуыр-хъуыр ссыд æмæ фырмæстæй ату кодта. Сигнал радта, кæд уæрыччытæ фæндагæй иу фарс ацыдысты, уæддæр. Фæлæ куыддæр машинæ йæ бынатæй фезмæлыд, афтæ та йæ Тариман бау- рæдта: — Фæлæуу-’ма, Шаликъо! Фæстæмæ хъæумæ куьг здæхай, уæд-иу зæронд лæджы дæр демæ алас, дæ фарсмæ йæ сбадын кæндзынæ. — Цавæр зæронд лæджы? — дисгæнгæйæ бафарс- та шофыр. — Иорамы. Нал æй хъуыды кæныс? — Рынчын фæци? — Нæ, фæлæ йæ бон нал у... йæ бон нал у хæх- тæм цæуын. Тæригъæд у. Стæй нæ йæ сæр уыйбæрц дæр нал хъæуы. Уадз æмæ йæ фæллад суадза. Йæ- хæдæг æй ской кæнын дæр нæ уадзы. Фæлæ цы гæнæн ис, искуы фæндагыл куы амæла, уæд та? — Æмæ... ацæудзæни мемæ? — дызæрдыггæнæ- гау бафарста шофыр æмæ Тариманмæ йæ мидбылты бахудти, — бæрæг уыди, Шаликъо бригадиры зæрдæ фæфæлмæн кæныныл кæй архайдта, уый. — Исты амалæй йæ бахæццæ кæнын хъæуы, æн- дæр гæнæн нæй. ’ — Хорз, аласдзынæн æй, — зæрдæ бавæрдта шо- 462
фыр, æмæ уæзласæн гыбар-гыбургæнгæ дарæнтырдæм афардæг. Изæры машинæ Иорамы хъæумæ аласта. * * * Æлхынцъæрфыгæй бахызт Иорам йæ афтид кæртмæ. Ам ноджы тынгдæр æрæнкъард, йæ зæрдæ æппын- дæр ницæмæ ради. Кард райста, лæдзæг дзы ацамад- та. Йæ хъуыдытæ кæрæдзи раив-баив кодтой. Хæдза- ры бадын æм нæ цыд. Æмæ уым диссагæй ницы уы- дис. — йæхи зоньш хъом куы фæци Иорам, уæдæй фæстæмæ йæ хæдзары уазæгæй уæлдай никуы уыди. Сæрд-иу Триалеты уыд, зымæг — Ширваны кæнæ та сæ зымæгон хизæнты — Иорийы был. Уыцы хъæддаг цард ын ферох кæнын кодта йæ хъæуы, йæ фæлмæн хуыссæнуат; уый нæ, фæлæ ма суанг фæлмæн дзул дæр нал хордта, хуымæтæджы хус лауаситæ йедтæмæ. Кæрты бадынæй куы схъыг ис, уæд Иорам хæ- дзармæ ’бацыд, фæлæ та уым дæр йæхицæн бынат не ’ссардта. Ф’æстæмæ та кæртмæ рацыд æмæ кæрты къуымты бирæ фæзылд. Стæй сфæнд кодта колхозы сæрдармæ ацæуын. Уыди æхсæвæрафон. Колхозы сæрдары хæдзармæ куы схæццæ ис, уæд Иорам фиййæутты æгъдаумæ гæсгæ дардæй бахъæр кодта, цыма куыдзæй тарсти, уыйау. / Сæрдар æм æддæмæ ракаст, мæйы рухс æй куын- нæ хъыг дардтаид, афтæ йæ къух йæ цæстыты аууон авæрдта æмæ йæ бафарста: — Чи дæ, чи? — Æз дæн, Иорам. — А, уый ды куы дæ! Æмæ дардæй та **цæмæн хъæр кæныс? Мидæмæ, мидæмæ, Иорам. Никъо зæронд лæгæн ныхъхъæбыс кодта, стæй дыууæйæ дæр мидæмæ бацыдысты. Хæдзары, дзаг фынджы уæлхъус, бадтис Михо. Уæвгæ йæ ныр Михаил хуыдтой. Ома, агрономы Михо, хоиын аив нæу. 463
— Куыд кæсын, афтæмæй дæ дæ усы мад бирæ уарзы, Иорам1. Хорз афон æрбацыдтæ, — хъазæнæм- хасæнæй загъта колхозы сæрдар. Агроном Иорамы æнкъард цæсгоммæ бакаст æмæ цæуылдæр тыхст кæй у, уый бамбæрста. Æмæ йын цæмæй йæ сагъæс фæсура, уый тыххæй хъæлдзæгæй фæхъæр кодта: — Æнкъардчкæнынмæ нæ не ’вдæлы, зæронд! Æр- бакæс-ма, цы бæркадджын фынджы уæлхъус бадæм, уымæ. Никъо агуывзæ сæнæй байдзаг кодта æмæ йæ Ио- раммæ авæрдта. — Ды æнæ хъуыддагяей кæй не ’рбацыдаис, уый зонын. Иу уал дзы ануаз, стæй аныхас кæндзыстæм. Иорам сындæггай йæ сæны агуывзæ анызта æмæ сабырæй загъта: — Мæнæн афтæмæй мæ бон нал у, Никъо. Иунæг дæн æмæ тынг æнкъард кæнын. Исты куыст мын ссар., — Мæнмæ рацу, — йæ бынатæй фæгæпп ласта агроном, — мæнмæ йæ рауадз, Никъо. Иорам Михомæ зулмæ бакаст æмæ та сæрдармæ бадзырдта: — Арвит мæ быдыры куыстмæ, мæ хъæбул. — Быдырмæ, зæгъыс? Æмæ дзы цы ми кæндзынæ? — Нæ зонын. Исты куыст мын дзы ссар. — Мæнмæ рацу, Алазаны былмæ, — загъта та Ми- хо æмæ сæрдармæ бакаст. Иорамæй афтæ æмæ агроном доны ном рæдийгæ фæкодта, æмæ цингæнгæйæ сдзырдта: — Иорийы былмæ? Никъо ныххудт. — Цытæ дзурыс, Иорам, цытæ? Иорийы был фе- рох кæн. Уым никуыуал уыдзынæ; фæлæ нæм мæнæ Алазаны был стыр куыстытæ цæуы. Райсом-иу раджы мæнмæ æрбацу æмæ дæ æз бахæццæ кæндзынæн. Æз дын дæхи аккаг куыст ратдзынæн. Хуыздæр нæ хъæуы, ахæм. 1 Ахæм хъазæн ныхас фæзæгъынц, фынгмæ чысыл чи бай рæджы кæны, уымæн. 464
«Диссаг нæу, цымæ Алазаны былгæрæттыл та цы кусынц?» — дызæрдыггæнгæйæ ахъуыды кодта Ио- рам, фæлæ сæ ницæмæйуал бафарста. Сæрдары зæр- дæ йын æвзæр кæй нæ бауарздзæн, уый зыдта. Стæй та йæм Никъо дæр сæны нуазæн бадаргъ кодта. Бирæ фæбадтысты фынджы уæлхъус. Дыккаг бон, райсомæй раджы, Иорам æрбацыди сæрдармæ. Сæр- дар Иорам æмæ агрономы йæ «Победæйы» сæвæрдта æмæ сæ Алазанмæ аласта. Алазаны доны былтæ дæр Иорийы доны былты хуызæн сты. Иорам дзы раджы бирæ хæттыты уыд, уæд ма нæузæххытæ æнæвнæлд уыдысты. Ныр акæс, харбыз æмæ несийы хуымтыл цæст не ’ххæссы. Æмæ дзы зæронд Иорамæн дæр куыст разынди — хуымтæм зильш æмæ оæ хъахъхъæнын. Иорам баззади иунæгæй. Уыд августы мæй. Иорам бон-изæрмæ хуымтыл фæзылд æмæ æр- мæстдæр талынгæй æрбацыд йæ мусонгмæ. — Хъус-ма, Иорам, — бафарста йæхи, — æххор- маг дын нæу? Æмæ дзуапп дæр йæхæдæг радта. — У. — Уæдæ уæд бавдæл æмæ дæхицæн исты хæринаг акæн. Цы сфыцай, уый дын куы ныууагътой. Иорам æхсæвæр куы бахордта, уæд берданкæ йе ’уæхскыл баппæрста æмæ та хуымтæ бæрæггæнæг ацыди. Урс настæ, кæрдæгху^з харбызтæ æмæ бурфарс неситæ мæйы рухсмæ зындысты уæрыччыты хуызæ- нæй, цыма зæххыл сæхи баныхæстой æмæ йæ дæйгæ кодтой. Иорам мусонгмæ æрбаздæхти, иучысыл абадт, фæ- лæ та фæстæмæ æддæмæ рацыд. Хуымтыл -йæ цæст ахаста. Харбызтæм æркасти æмæ бахудт: «Адон ии- куыдæм ацæудзысты, фысты хуызæн сын алидзæн нæй... Цæмæй сын тæрсын?» 30 Райдзаст Гуырдзыстон 465
Зæронд лæг бирæ фæрацу-бацу кодта, нартхоры хуымтæм бафтыд, нартхор хъахъхъæнын дæр ын кæй бафæдзæхстой, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæ сæр ныттылдта. Æрмæстдæр æмбисæхсæв бафынæй Иорам. Рай- хъал ис бирæгъы ниудмæ — Калачы вагзалы йæ фы- ны цы дæргъвæтин æнкъард ниуд фехъуыста, раст ахæммæ. Æвæццæгæн мæм æндæр исты бирæгъы ииуд фæкаст, — ахъуыды кодта Иорам æмæ иннæ фарсмæ азылд. Фæлæ бирæгьты ниуд тынгæй-тынгдæр хъуы- сын байдыдта. Раст афтæ фæниуынц балбирæгътæ сæ бабырсыны размæ. Иорам фæгæпп ласта, топмæ фæ- лæбурдта æмæ мусонгæй рауад. Алазаны сæрмæ ленк кодта мæй. Бæстæ уыди бо- ны хуызæн рухс. Иорам йæ цæстытыл нæ баууæндыд, бирæгъты харбызтæм лæбургæ куы ауыдта, уæд. Раст фысты куыд фæтонынц фæйнæрдæм, афтæ тыдтойхар- бызты дæр. Ахсыдтой-иу сæ æмæ та-иу сæ фæуагъ- той. Зæронд фиййау йæ цард-цæрæнбонты ахæм дис- саг никуыма федта. «Куыд фæдих кæнынц харбыз йæ тæккæ астæуыл? — дисгæнгæйæ хъуыды кодта Ио- рам. — Уæвгæ къамбецы стджытæ куы баууилынц, уæд сын харбыз фæсæттын цы хъæуы!» Иорам топп аромарæнæй сифтыгъта æмæ гæрах хæхтæ ныццарыдта. Йæ рагон «лымæнты» куы фæсырдта, уæд мусонг- мæ æрбаздæхти. Фæлæ хуыссæг йæ цæстытыл нал æр- хæцыд æмæ æддæмæ ракæс-ракæс кодта. Æрмæстдæр æй боныцъæхтыл абырста хуыссæг. «Иорам, уæ, Иорам», — йæ хъустыл ауад кæйдæр хъæр. йæ цæстытæ байгом кодта, кæсы æмæ йæ уæл-^ хъус лæууы агроном. Хур йæ был сдардта Кавказы хæхты фæстæйæ. Агроном йемæ æрбаласта чысыл барæн æмæ хар- бызтæ тонгæ нæ кодта, афтæмæй-иу куы иу харбыз абарста, куы иннæ, йæ чысыл чиныджы-иу цыдæртæ* афыста. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу йæ сæр ныттылдта, ома, харбыз цас æмбæлы, ахæм уæз нæ ласы, зæгъгæ.« — Цы ми кæныс, мæ хур? — бафарста йæ Иорам дисгæнгæйæ. 1 — Кусын, кусын, — ныххудти агроном, — а>хуыра~ 406
дон æгъдауæй сæм нæ цæст дарæм. Куыд рæзынц харбызтæ, уый бæрæг кæнын. Æхсæв сæ уæзыл æфт- гæ бакæны, бон та сæ хаугæ акæны. Бамбæрстай? Зæронд лæг йæ сæр батылдта. Агроном куы ацыд, уæд Иорам æрæнкъард. Амы куыстытыл ахуыр нæу. Цалынмæ исты нæ ныггалиутæ кодта æмæ йæ сæрæн ницы фыдбылыз сарæзта, уæдмæ æнæмастæй куы ацæуид ардыгæй. Дыккаг бон машинæтæ харбызтæ ласынмæ æрба- цыдысты, фæлæ зæронд Иорам уым нал уыди. Уыцы хабар Никъойæн куы фехъусьш кодтой, уæд æгас колхозы адæмы сæ къæхтыл слæууын кодта æмæ сæ Иорамы агурынмæ арвыста. Рацыди фоадз боны, фæлæ никуы æмæ ницы, æгæр- мæгуыр ын йæ фæдыл дæр нæ бафтыдысты. Проку- рормæ фæхабар кодтой, йæ фыртмæ йын Каламмæ тел радтой. Иу цавæрдæр легъодехаг кæмæндæр дзырдта, Ио- рамы, дам, Закъаталайы федтон. Уырдæм дæр арвыс- той лæг, фæлæ уым дæр нæ разынди. Триалеты хизæнты дæр фæцагуырдтой зæронд фиййауы, фæлæ никуы æмæ ницы. Нахширцъхъалийы цæугæдоны был стджытæ ссардтой æмæ чидæр загъта, уыдон бирæгътæкæй бах- сыдтой, ахæм адæймаджы стджытæ сты, зæгъгæ. Фед- той уыдон дæр, фæлæ адæймаджы стджытæ нæ ра- зындысты. ~- Зæронд Иорам фесæфти. Æгас хъæу дæр фæхъыг кодта зæронды сæфтыл, се ’ппæтæй тынгдæр та фиййæуттæ. Фæззæджы фос Триалеты хизæнуæттæй куы рас- къæрдтой, уæд Тариман цыдис æнкъардæй, æнæдзур- гæйæ. Æмæ Къахетмæ цас хæстæгдæр кодтой, уый бæрц тынгдæр рысти йæ зæрдæ. Колхозы сæрдар иннæ хæттытау ныр дæр быдыр- мæ сæ размæ рацыди. Никъо фыстыл йæ цæст ахас- та, — хæрзхаст кæй уыдысты, уымæй йæ зæрдæ ба- 467
рухс æмæ Тариманмæ «бацыд, сæ куыстæй сын раппæ- лон, зæгъгæ. Фæлæ йæ уый иу ньихас скæнын дæр нæ бауагъта. — Ехх, Никъо, Никъо. Нæ зæронды нын цы фæ- кодтат? Никъойæн йæ цæсгом фенкъардхуыз. йæ цæстытæ иннæрдæм азылдта æмæ сабырæй сдзырдта: — Цы гæнæн ис, Тариман? Иу бынат æнæсгæрс- тæй нал ныууагътам. Мæ хуыссæг фæхауд, афтæ æн- хъæл дæ, мæнæй нæ риссы?! — Нæ фиййæуттæ азымы мæн дарынц, — немæ, дам, æй цæуылнæ акодтам. Мах, дам, æй нæ цæсты- гагуыйау хъахъхъæдтаиккам. — Тæригъæд ын кодтон, æм& йæ сымахимæ уы- мæн нæ ауагътон. Кæрдæг хорз уыди, æвæццæгæн?— сæрдар ныхас иннæрдæм аздæхта. — Кæрдæджы кой дæр кæныс? Триалеты кæр- дæг та .кæд оихсийдзæн? Дзугтæ Лакъбисхъевы тагыл цæхгæрмæ бахыз- тысты æмæ Иорийы хизæнтæм адардтой. Дыккаг бон дардæй æрбазындысты Чъатмасы хæхтæ. Фиййæуттæ сæ фосимæ бахæццæ сты сæ зы- мæгон цæрæнуæттæм. Сæрдар æмæ бригадир сабыргай зылдысты фыс- дæттыл — фароны зымæг сæ бирæ цæуылдæртыл са- хуыр кодта æмæ ныр хъуамæ сæхи бацæттæ кæной цыфæнды хъызт зымæгмæ дæр. — Никъо, æвæдза, лæг дæ! — фæхъæр кодта Та- риман.—Æз та ма мæт кодтон: уæтæры суанхъæд бамбыди, æмæ мæ уый зæгъын ферок и. Фæлæ к?æсыс, дæхи зæрдыл куьгд хорз æрлæууыд. — Цытæ дзурыс, лæппу, цы, нæ дæ æмбарын? — дисгæнгæйæ бафарста Никъо. — Куыннæ мæ æмбарыс? Дæу йедтæмæ нæ мæт чи кæны? Сæрдар æнæмбаргæ каст кодта бригадирмæ. — Ехх, мæ лымæн, Никъо, — дзырдта дарддæр Тариман, — нæ уарзын лæгæй йæхи раз æппæлын, фæлæ мын ацы хатт æнæ зæгъгæ нæй. Дæ хуызæн сæрдар зын ссарæн у. Каутæ та кæд сбыдтай, каутæ? , Никъо уæтæры къулмæ бакаст, æмæ цыма’ йæ 468
цæстытыл не ’ууæндыд, уыйау æй къухæй асгæрста, стæй Тариманырдæм раздæхти: — Цы гæнæн ис, Тариман, сымахыл нæ уыдтæн. Ахæм хор нæм æрзади ацы аз, æмæ Ширакы быдыр денджызау фæйлыдта. Æмæ ма дæ уæтæрты мæт кæй уыди. — Уæдæ каутæ чи сбыдта? — Ницы сын æмбарын. Раджы кæддæр-иу хæй- рæджытæ быдыры бæхтимæ хъазыдысты, сæ бæрцы- тæ сын-иу чындздзон чызджы дзыккуты быд скод- той. Фæлæ ныр хæйрæг нал и, стæй ма куы уаид, уæддæр каутæ бийыныл не ’сбæндæн уыдаиккой, уый тыххæй нын фæллойбонтæ нæ ныффысдзысты; зæгъгæ. Тариман худæгæй бакъæцæл. Æвиппайды Никъо- йы сæры, арвы.ферттывдау, иу хъуыды февзæрд. Цы- ма цы фæд агуырдта, уый ссардта, уыйау æм фæ- каст. Оæрд ам |цъиуызмæлæг дæр нæ вæййы. Адæйма- джы бамбæхсын куы бафæнда, уæд амæй хуыздæр ран ссарæн нæй. Дойныйæ куы мæлай, уæд дын дзы дон ничи ратдзæн, куы амæлай, уæд та дын дæцæс- тытыл ничи æрхæцдзæн. Æвæццæгæн Иорам ам ис. Уæдæ хæйрæджытæ дæр куыд аивтаиккой уæтæры суанхъæд? — Цæуыл ныхъхъуыды кодтай?—афарста Тари- ман сæрдары. Никъо цыма йæ фынæйæ фехъал, уыйау дис- хуызæй бакасти бригадирмæ, ницы йæм сдзырдта, афтæмæй йæ хъæлæсыдзаг хъæр кæнын байдыдта: — Е-гъе-гъей? Иора-а-ам! Тариман æм кæсгæйæ баззад. Никъо хъæр кодта: — Е-тъе-гъей! Ио-ра-<ам! Кæм дæ? Уæд Тариман дæр хъуыддаг фембæрста æмæ уый дæр хъæр кæнын райдыдта. Уæтæры талынг къуымы фæзынди цавæрдæр аууон æмæ зонгæ хъæлæсæй ба- фарста: — Мæнмæ хъæр кæнут, лæппутæ? — Уый ды дæ, Иорам? Æгас дæ? — Цæмæн нæ бафхæрдтай, Иорам? Уæд Тариман Никъомæ фездæкти: — Афтæ нæ дзырдтай, иу къуым æнæ сгæрстæй 469
нал ныууагътат, зæгъгæ. Афтæмæй ам ма бабæрæг кæн! — Ардæм ссæуын та кæй сæр æрцахста. Сæрды- гон ардæм цæуынмæ йæ ныфс чи хæссы? Иорам бакасти Тариманмæ: — Ам мæ уæтæры уадз, мæ хъæбул, фыстимæ. Мæ тæригъæды ма бацу. — Омæ Триалетмæ ссæуын дæ бон нæ бауы- дзæн. — Цытæ дзурыс, мæ хур? Бауыдзæн. Уæтæры уыди талынг. Никъойы ныр дæр нæма уырныдта, Иорамы ныхас хъусы, уый æмæ йæм дзуры: — Æддæмæ ма рахиз, Иорам, мæнæ кæртмæ, æз дæм боны рухсмæ бакæсон. Фæззыгон хуры тынтæ зæронд лæджы кæсын нæ уагътой. Йæ цæстытæ аууæрста æмæ Чъатмасы хæх- тырдæм скасти—арв сæрды куыд вæййы, афтæ цъæх тæмæнтæ калдта, Иорийы дон дæр уыди фыццаджы хуызæн. Æдзæрæг зæхх æмæ рæгътыл цыма пиллон арт сирвæзти, уыйау сырх-сырхид дардтой бурæхъæ- ды къутæртæй. Иорийы фæззæг уыд, æви сæрд, уый зын раирта- сæн уыди. Æмæ Иорам дæр фæдызæрдыг: даргъ фæндæг- тыл цæуын йæ бои кæмæн нал у, ахæм зæронд лæг у, æви фыццагау — æрыгон лæппу, ууыл.
Чхеидзе Отар МИТТЫМЫГЪ Мæ хъæубæсты царды этюдтæй Поезд араст æмæ уайтагъд миттымыгъы аууон фæци. Дежурнæ тагъдгомау бауад вагзалмæ æмæ, ныртæккæ дæр ма мыдыбындзыты чыргъæдау гуыв- гуыв æмæ æмызмæлд цы чысыл станцæ кодта, уый фæстæмæ басабыр, раст цыма дымгæйы бын ф’æци, уыйау. Дымтæ ниудта аамæ ниудта, миты тъыф1ылтæ хæрдмæ хаста æмæ сæ зилдух кодта уæлдæфы, ныц- цавта-иу сæ, тыгъд быдыры астæу цы вагзалы а^гъуыст лæууыд, уый къултыл. Бæстыл ницуал зынд. Фæндаг миты бын фæци. Дыууæ æрцæуæг адæймаджы кæрæдзимæ дæрддзæф лæууыдысты платформæйыл æмæ лæмбынæг кастыс- ты фæндагмæ, фæлæ дзæгъæлы фæллайын кодтой сæ цæстытæ, — фæндаг бæрæг нал уыд. Фæндаг кæй нæ зынд, уый дæр ма гъа, фæлæ сæ ацы тымыгъ сагъæсы бафтыдта. Иуцасдæр алæууыны фæстæ дыууæмæ дæр иу хъуыды æрцыд — кæрæдзимæ хæстæгдæр ба- ,цæуын æмæ иумæ исты бауынаффæ кæнын. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодтой. — Кæдæм цæуыс? — бафарста иу иннæйы. Чи бафарста, уымæн йæ сæрыл уыд цæрмын хъусджын худ, цыбыр бæмбæгæвæрд палто, хъарм сæрак æрм- къухтæ. Йæ къухьг чысылгомау асыкк. Иудзырдæй, асыкк куы нæ уыдаид, уæд банхъæлæн уыди, зымæгон фæндагмæ йæхи срæвдз кодта, зæгъгæ. 471
Дыккаг фæндаггон кæцы хъæумæ цыди, уый загъ- та. Йæ даргъ палтойы мидæг зынди иннæ лæгæй стыр- дæр. Йæ сæрыл козырекджын чысыл худ арф кондг йæ палтойы æфцæггот хæрдмæ фæлдæхт. Уымæн дæр йæ къухы—асыкк, фыццагмæ чи уыд, уымæй егьау- дæр. <<Цы уæззау асыкк хæссы! Стæй куыд ныккука ис!.. йæ ныфс ма бахæсдзæн цæуынмæ? Гъм... Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ!.. Цæй, хорз... Вагзалы бан- хъæлмæ кæсдзыстæм, уæдмæ кæд тьшьигъ дæр банца- ид..., Хъуамæ банцайа, уæдæ йæ гæндзæктæ цæгъд- дзæн?», — хъуыды кодта фьщцаг, фæлæ хъæрæй загъ- та: — Куыд уынын, афтæмæй нæ фæндаг иу у? — Зулаивæй йе ’мбалмæ бакаст æмæ фæдис кодта. «Цымæ цæуыл худы? Æвæццæгæн, ахæм балц йæ зæрдæмæ1 нæ цæуы. Æмæ цы гæнæн ис! Зæгъ, фæ- лæууæм уал, зæгьгæ. Æви раздæр æз куыд зæгъон, уый дæ фæнды?! Нæ, уьгй дзы нæ уыдзæн!»—йæхи- нымæр дзырдта фыццаг. — Ахæм тымыгъ бон дæхицæн фæндаггон æмбал ссар, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис? — загъта дык- каг. — Цом!.. — æмæ, дзуапмæ дæр нал фенхъæл- мæ каст, афтæмæй уæрджытæм миты балæгæрста. «Æз ын хъазын æнхъæл куы уыдтæн, фæлæ ай хъазгæ куы нæ кæны. Хорз уæдæ, цæугæ! Æз дæр фæсте нæ баззайдзынæн. Æз дæуæй цæмæй æвзæр- дæр дæн?!»—ахъуыды кодта фыццаг, йе ’мбалы къах- вæдтыл цæугæйæ. Раздæр сьш цæуын зын уыди, фæлæ фæндагмæ куы рахызтысты, уæд фенцондæр æмæ уæд раззаг йæ цыдыл бафтыдта. «Афтæ хорз нæу, — загъта йæхицæн, фæсте чи цыд, уый, тымыгъы тагъд цæуын пайда нæу. Зæгъын ын хъæуы». — Гъей! Дæ ном та куыд хуины? — фæдзырд- тараззашæ,—куыд, куыд? Тъатъе? Хорз! Мæнæнта— Ило... Æмæ дын уый зæгъынмæ хъавыдтæн, мæ лы- мæн Тъатъе, миттымыгъ тынг тæссаог у, дæ уд дын сласдзæн. Дæ тых, дæ хъару дын куыд басæтдзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ! Фæлтау сындæггай цæуæм, æнæдзургæйæ, кæннод нæ рæуджытæ суазал уыдзысты. ’ Тъатъе йæ мидбылты бахудт: — Хорз, дæу куыд 472
фæнды, афтæ фæуæд, — загъта цыбырæй æмæ йæцыд ноджы фæтагъддæр кодта. «Худгæ мыл кæны?— загъта йæхинымæр Ило. — Фендзыстæм уæдæ, кæд- дæра нæ фæстагмæ чи худид? Мæнæн цы у, æз дæ фæдыл цæуын!» Фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдта Ило. йæхи чысыл фæгуыбыр кодта, йæ сæр дæлæмæ æр- уагъта, афтæмæ-р цыдис Тъатъейы къахвæдтыл. Тъа- тъе дæр миты хъæнæнты æхсæнты йæхицæн фæндаг лæгæрста. Миттымыгъ ын хоста йæ цæсгом. Цыдысты æнæдзуртæйæ, фæндаг не ’взаргæйæ, æрмæст иу рæс- тæгæй-рæстæгмæ сæ асыччытæ сæ иу къухæй се ’ннæмæ балæвæрдтой. Тъатъе йе ’мбæлццоны ньихæс- тæ, дым-гæмæ дзурæн нæй, тæссаг у рæуджытæн, зæгъ- гæ, йæзæрдыл бадардта, æви’æнæуи дæр мадзурауыди, чи йæ зоны, фæлæ йæ дзыхæй иу ныхас нæ хауд. Растдæр, æвæццæгæн, фæстаг хъуыды уыд, уымæн æмæ искæйы уынаффæмæ- чи байхъуыстаид, ахæм адæймаджы каст нæ кодта Тъатъе. Илойæ йæхицæй дæр„ ферох йæ фæдзæхст æмæ дзурын байдыдта: — Кæцон дæ? Мах хъæуы «æмæ цæуыс? Дзуапп раттыны бæсты Тъатъе йæ /мидбылты амондджын худт бакодта. Цымæ цæмæн бахудт? Кæд, ноджыдæр ма йæ куы бафарстаид, уый йæ фæндыд. Адæймаджы зæрдæйы цы ис, уый чи базондзæн! Иуæй-иутæ сæ зæрдæйы циндзинад уайтагьд æрго- мæй зæгъынмæ нæ арæхсынц. — Колхозьг кусыс? — ногæй та бафарста Ило. — Ай-гъай! — Цал фæллойбоны дын ис? — Снысан мæ кодтой фæллойадон геройы ном райсынмæ! — Герой, зæгъыс? — ныддис кодта Ило. «Æз æй йæ фæллойбонтæй фæрсын, уый мын... Цыма йын геройы ном дæтгæ ракодтой, уый хуызæн фидарæй куыд( дзуры. Æмæ цы зæгьынмæ хъавыс уымæй? Цы ныббузныг дæ дæхицæй, гыццыл федтам мах герой- тæ?! Æмæ цымæ æз чи дæн дæумæ гæсгæ? Исты фондз азы дæргъы стахановон-вахтæйы нæ лæууын? Пълан дыууæ фондзыссæдз процентæй не ’ххæст кæ- нып!.. Дæу та иырма æрмæстдæр нысап скодтой ге- ройы номмæ, куы йæ райсай, уæд-иу æппæл дæхи- 473"
цæй!» Фæлге Ило дзæгъæлы афтæ хъуыды кодта. Тъатъейы ныхасыуаджы æппæлæн хуызæй æппыйдæр иицы уыд. Иломæ афтæ цæмæн фæкаст, уый зын зæгъæн уыд. Раст зæгъгæйæ, Тъатъе йын йæ фарстæн комком’мæ дзуапп нæ радта, фæлæ кæй загъта, уый дæр дзуапп уыдис. Ило йæ цæмæй бафарста æмæ ба- фæрсинаг уыд, уыдонæн... Фæлæ Ило уый нæ бам- бæрста. /Бмæ та дьгнкаг хатт Тъатъейы куы бафарста, уæд ьгн ба’мбарын кодта, ома йæ героймæ кæй снысан кодтой, уый нырма кæй ницы у. Тъатъемæ Илойы ныхæстæ хъыг фæкастысты æмæ йæхицæн дзырд радта, Иломæ нал сдзурдзынæн, зæгъгæ. Уыцы рæстæг Иломæ та Тъатъейы разæй ацæ- уыны хъуыды æрцыд. — Фæлæуу-ма, ныр та æз ацæуон разæй! — загъ- та Ило æм’æ йæхи йæ разæй фæкодта. Æртæ къах- дзæфы дæр нæма акодта, афтæ зилгæ дымгæ сыстад, сæ тæккæ раз цы миты хъæпæн уыд, уый фелвæста æмæ сыл æй ныццавта. «Æргуыбыр кæн!»... — ныхъ- хъæр кодта Ило æмæ йæ уæрджытыл æрхауд. Аф- тæ фæлæууыд дыууæ-æртæ минуты бæрц. Стæй дым- гæ чысыл куы æрæнцад, уæд сыстад æмæ, ме ’мбал цы фæци, зæгъгæ, йæ алыварс афæлгæсыд. «Миты быы ма фæуæд» — ахъуыды кодта Ило; фæлæ йæ уа- лынджы ауыдта, Тъатъе ахæццæ æмæ йæм йæ къух тылдта, уæлæм’æ сьгст æмæ тагъддавр рацу, зæгъгæ. «Молодец! Ахæмæн геройы ном цы райсын хъæуы!» Ило та, дымгæимæ тох кæнгæйæ, араст Тъатъейы фæстæ. Цалдæр къахдзæфы фæстæдæр-иу куы аз- зад, уæд-иу къахвæдтæ уайтагъд мит амбæрзта. «Мæнæй ^лæгдæр разынди. Æмæ цæмæй лæгдæр у мæнæй? Герой кæй у, уымæй?.. Гъемæ уæд герой! Æз дæр уымæй ницæмæй æвзæрдæр дæн! Дыууæ фондзыссæдз процентæй къаддæр никуы лæвæрд- тон... Куырды куыст хоры куыстæй ницæмæй æвзæр- дæр у... Чи зоны, æмæ рæдийын, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы». Сонт дымгæ æмæ миты фæлдзæгъдæн сын сæ раз- вæндаг сæхгæдта. Тъатъе йæ чъылдым дьимгæмæ са- рæзта, йæ худ ноджы арфдæр æркодта, ноджы тьшг- дæр ныггуыбыр. Ило тыхтæй-амæлттæй бахæццæ Тъа- 474
тъейы размæ æмæ йыл йæхн бауагъта. Афтæ кæрæ- дзийы æнцой фæлæууыдысты, цалынмæ уыцы æвир- хъау дьгмгæ нæ фæсабырдæр, уæдмæ... Дарддæр араст кæнынм’æ куы хъавыдысты, уæд Ило фæхъæр кодта: — Фæлæуу-ма!.. — тагъдгомау йæ асыкк митыл авæрдта, йæ сæр ын фегом кодта æмæ дзы хъуын- джын хъусджын худ фелвæста. Тъатъемæ йæ бадаргъ кодта æмæ загъта: — Гъа, мæнæ ацы худ дæ сæрыл ныккæн, кæннод дæ цæогом басийдзæн. Ме ’фсьшæрæн æй лæварæн балхæдтои... Скъола тынг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæвæййы. Уый дæр герой у йæ бынаты, уæдæцы! Тъатъе фæлм’æн бахудт, æмæ худ райста. Размæ та агуыбыр кодтой. Æвæдза, цы фыдвæндаг у? Разæй æппындæр ницы зыны, фæстейы дæр уæдæ афтæ, — станцæйы цырæгъты рухс нал зыны. Тымыгъ миты хъæпæнтæ фæйнæрдæм зыввытт кæны, уад ниуы. Иузаман тымыгъ къаддæр кæныи райдыдта. — Цыма фæсабырдæр!.. — загъта Ило, — æвæц- .цæгæн хъæумæ бирæ нал ис. — Иæхæдæг лæмбынæг размæ ныккаст, фæлæ миты фæлдзæгъдæнæй ницы фенæн уыд. — Вагзалæй нæм дыууæ километры цыд йедтæмæ нæу, æмæ кæд нæ фæдзæгъæл стæм, уæд ныр хъæу æввахс у. Ило фæтарст, кæд æцæг фæдзæгьæл сты, зæгъгæ, 4 фæлæ уайтагъд йæхицæн зæрдæтæ авæрдта, æмæ фи- дарæй загъта: — Нæ, нæ фæрæдыдыстæм!.. Уымæн уæвæн нæй... Тымыгъ кæй фæсабырдæр, уый дæр, хъæу хæстæг кæй у, уый æвдисæг у... Ило та афæлвæрдта размæ акæсыныл, фæлæ та йын миты тъыфылтæ йæ цæстытæ ахгæдтой. — Куыддæр мæ зæрдæ риссы. Раст фæстæмæ куы аздæхиккам, уый дæр мæ фæнды... Нæ зонын, цæмæн... Уæд та мын æй ды бамбарын кæн, цæмæн афтæ у, уый? Рагæй нал уыдтæн æз хъæуы. Мæ мад мæм рарвыста, суай, дам, ма... Цымæ цæмæн? Цы йыл æрцыдаид, и? «Мæн дзурын нæ уагъта, ныр йæхиуыл дзых ба- зад»,— ахъуыды кодта Тъатъе, фæлæ яъæрæй загъта: — Цы йыл хъуамæ æрцыдаид? Мысы дæ, æндæр мурдæр ницы. 475
— Афтæ уыдзæн! Æндæр уæдæ цы хъуамæ уа? Фæлæ зæрдæ диссаг у. Цæуьгн æмæ фырзæрдæвæйлы- дæй мæ зæнгтæ мæ <быны дыдæгътæ гсæныйц... , Ацы фæстаг ныхæстæм Ило ахъуыды кодта: «Мæ зæнгтæ кæй дыдæгътæ кæнынц, Тъатъе мыл уымæн фæуæлахиз. Фæлæ кæд афтæ ахъуыды кодта, уæддæр æм раст нæ фæкаст йæ хъуыды. Нæ, Ило ахæм нæу, кæд иуæй-иу хатт, йæ зæрдæ йæм цы сдзура, ууыл баууæнды, уæддæр кæддæриддæр цауты æхсæн баст- дзинад фæагуры, бæстон сыл ахъуыды кæны, стæй сæ хатдзæгтæ скæны... Афтæ рауад ныртæккæ дæр. Куыддæр хъæумæ бахæццæсты, афтæ Илобастдзи- над ссардта цауты æхсæн æмæ* бацин кодта, хуы- мæтæ’г сыгъдæгзæрдæ адæм куыд цин кæнын зонынц, афтæ. Фæндагыл цы тухитæ федта, уыдон дæр дзы æрбайрох схы. Тъатъе уыцы æнæрлæугæйæ цыди размæ, æрмæст- дæр фыццаг цæхгæрмæ уынджы, агуыридурæй амад дыууæуæладзыг хæдзары раз æрлæууыд. Иу минуты бæрц лыстæг фæкасти хæдзары бæрзонд рудзгуы- тæм, стæй Иломæ мидбылты бахудт. Хорз бон куы уыдаид, уæд ма йæ Ило бамбæрстаид, йе ’мбал аф- тæ цин цæуыл кæны, уый, фæлæ ацы фыдрæстæг уый зын’базонæн уыд. Цы амыдтой Тъатъейы туджы зылд уадултæ, цæуыл дзырдта йæ цæхæрцæст æнгас? Æвæццæгæн, тымыгъæй афтæ сысты. Фæлæ уалыи- мæ уæллаг уæладзыджы уæттæй иуы дуар куы фе- гом æмæ асинтыл дæлæмæ, фатау, колхозы чызджы- ты рæсугъддæр æмæ кадджындæр—Тамро куы æрыз- гъордта, уæд Ило æппæт дæр бамбæрста... — Ныр ахæм бон куыд рацыдтæ?! — ныхъхъæр кодта Тамро, асинтыл згъоргæйæ. — Æз мæ ныхасæн кæддæриддæр хицау вæй- йын! — бахудти Тъатъе чызлмæ. — Æмæ йын у хицау, фæлæ дæ уæддæр ахæмты- мыгъы цæуын нæ хъуыди! — мæсты кодта Тамро, фæлæ йæ ныхасыуагыл бæрæг уыд, йе ’рбацыд ын æхсызгон кæй у, уый. — Æмæ тымыгъæн йæ бон мæн бауромын у?! Стæй канд тымьггъ нæ, никæй бон у,—худгæйæ загъ- та Тъатъе æмæ Иломæ баиаст. 476
— Фæндагыл мæ, кæмæ цæуын, уымæй фарстай. Дзурон ма дын æй æви йæ афтæмæй дæр æмбарыс?.. Тамро æмæ Тъатъе кæрæдзи къуктыл ньгжæцы- дысты. Ило бахудт æмæ ницы сдзырдта. Æрмæст ахъуы- ды кодта: «Цы йæ æмбарын хъæуы, кæй мыл фæуæ- л’ахиз дæ, уый!» Хъæуы сæрмæ дымгæ футтытæ кодта æмæ миты гæлæбутæ хаста.
СÆРГÆНДТÆ Гуырдзиаг советон литерлтурæ 3 Æмдзæвгæтæ Табидзе Галактион Рати Ратишвили. Ардасенты X. тæлмац 23 Бо’и ивайы. Гулуты А. тæлмац 24 Дзæгъ-дзæгъæгтæ дидинæг рафтыдтой. Гулуты А. тæлмац — Зымæг. Гулуты А. тæлмац 25 Мæ зарæг. Цæрукъаты А. тæлмац — Æбæрæг месх. Цæрукъаты А. тæлмац ’ 26 Изæрæй аууæттæ куы ’рхуыссынц. Цæрукъаты А. тæл- мац — Тулдз. Цæрукъаты А. тæлмац 27 Æмзæрдæты цæдис. Цæрукъаты А. тæлмац — Дуар-иу ма ныууадз гомæй. Нартыхъты М. тæлмац . . 28 Фæззыгон дидинджытæ. Цзугаты Г. тæлмац 29 Гæдыбæлас. Дзугаты Г. тæлмац — Леонидзе Георгий Шио. Ардасенты Х.тæлмац 31 Тулдз æмæ æрвæрттывд. Ардасенты X. тæлмац 32 Зарын фыдьузæххыл. Нафийы тæлмац 33 Зæронд дала-фæндыр. Цæрукъаты А. тæлмац 34 Грибоедова Нинæйæн. Гулуты А. тæлмац 35 Чиковани Симон 'Мæ мад. Нафийы тæлмац 37 Фосы дзугтæ, Плшпы X тæлмац 38 Сомихы хæхты. Хъайтыхъты Г. тæлмац 39 Зæрватыччы ахстон. Хъайтыхъты Г. тæлмац 40 Писмо Татрæй. Хъайтыхъты Г тæлмац 41 Куыст. Хъайтыхъты Г. тæлмац 42 Каладзе Карло Сæрибар. Хъайтыхъты Г. тæлмац 44 -478
Дурынгæнджытæ. Цæгæраты Г. тселмац . . 45 Ахуыргæнæг. Цæгæраты Г. тæлмац 47 Табидзе Тициан „Гуырдзыстон, дæ сæнттæн, дæ уарзтæн..." Цæрукъаты А. тæлмац 50 7,Нæ фыссын стихтæ æз...и Цæрукъаты А. тæлмац ... — „Фæстæуæз аззад хъæу-черкесаг...а Цæрукъаты А. тæл- мац . . . . • • 51 „Мухраны астымы æввоиг æмæ æнцонæй..." Цæрукъа- ты А. тæлмац • „ 52 Гршиашвили Иосиф Æрмкъухы ’гънæг. Плиты X. тæлмац . . . 53 Молло æмæ куыдз. Ардасенты X. тæлмац ....... 54 Шашииашвили Сандро Цæй, ферох кæн дæ зынтæ. Уырымты П. тæлмац ... 59 Циалæ. Уырымты П. тæлмац — ФыцЦаг зæрватыкк. Уырымты П. тæлмац 60 „Миййаг рæхджы куы нæ уал уон æз уе ’хсæн..." Уырым- ты П. тæлмац 61 Абашели Александр Рухс тырыса. Гулуты А. тæлмац 62 Д’урын саг. Плиты X. тæлмац 63 Апельсинтæ æмбырдгæнгæйæ. Цæгæраты Г. тæлмац . . 64 Гаприндашвили Валериан Изæр Сагурамойы. Плиты А. тæлмац 66 Квншхеты дымгæ. Плиты А. тæлмац 67 „Ау, æцæгдæр мæ суадон ныххус..." Уырымты П. тæл- мац 68 Мирцхулава Алио Рзнгуырæн бæстæ. Плиты X. тæлмац 69 Поэт. Плиты X. тæлмац — Зынгыл таурæгъ. Плиты X. тæлмац ] . — Æхсæвыгон уадындз. Плиты X. тæлмац 70 Чызгмæ. Плиты X. тæлмац \ \ _ Хуры пъа. Цæрукъаты А. тæлмац .....'...."!„ 71 Иугонд уарзт. Цæрукъаты А. тæлмац ...!!.!.. 72 479
Абхаидзе Шалва Мады фыстæг. Уырымты П.’тæлмац „Æгас цæуæд æрвон..." Баситы М. тæлмац Тæрккъæвда. Уырымты П, тæлмац Надирадзе Колау Фæззæджы æрцыд. Цæгæраты Г. тæлмац Апрель денджызы былыл. Цæрукъаты А. тæлмац . , . Абашидзе Ираклий Ленины цырæгъты рухс. Плиты X. тæлмац ....... Кæм фæнды уон... Ардасенты X. тæлмац Дыууæ Алазаны. Плиты И. тæлмац Æртæ фидары. Бестауты Г. тæлмац Абашидзе Григол Райгуырæн бæстæн. Балаты Т: тæлмац ... • . . . . „Уадз, дуне хонæд мæн æзонд, æдылы..." Балаты Т. тæлмац „Æрбадымгæ кæнæд æрмæстдæр..." Балаты Т. тæлмац . Æнгуз бæлæстæ. Балаты Т. тæлмац Даркветаг мæй. Балаты Т. тæлмац .' Гомиашвили Александр Æвзонг гуырдзиаджы зарæг. Баситы М. тæлмац .... Аршаула. Плиты И. тæлмац „Мæ уарзон хæлæрттæ, нæ сабиои рæстæг..." Асаты Р. тæлмац • Берулава Хута Байзæддагимæ ныхас Калачы денджызы был. Баситы М. тæлмац „Фæлмæн мит сабыр, зивæггæнгæ, уарыд..." Баситы М. тæлмац Зарын мæ кæны. Плиты А. тæлмац Рогвад нау балцмæ ысцæттæ. Плиты А. тæлмац .... ^Уайдзæф. Нафийы тæлмац Нонешвили Иосиф Чызг-агроном. Цæгæраты Г. тæлмац Номыссард. Хъайтыхъты Г. тæлмац Æнæном дидинæг. Хъайтыхъты Г. тæлмац Æмбисонд. Хъайтыхъты Г. тæлмац Цы дын æй æмбæхсон. Асаты Р. тæлмац 480
Качахидзе Георги Æфсымæрдзинады фæндаг. Плиты А. тæлмац Æмбисбон хъæды къохы. Цæрукъаты А. тæлмац . . . Æз дæр хуымгæнæг дæн. Уырымты П. тæлмац .... Мревлишвили Маквала Чызджытæ-бандуристкæтæ. Цæрукъаты А. тæлмац . . . „Уыд мадзура æдзух..." Цæрукъаты А. тæлмац Бетаны суадон. Сидахъты С. тæлмац Мосашвили Ило •Фыццаг халас. Цæгæраты Г. тæлмац Саг сагæн хæларæй цъæх кæрдæг дæтты. Цæрукъаты А. тæлмац • Цуаны. Цæрукъаты А. тæлмац • . Мариджан Царды чиныг. Цæрукъаты А. тæлмац Хыз. Цæрукъаты А. тæлмац Сæумæрайсом Днепры сæрмæ. Цæрукъаты А. тæлмац . Квливидзе Михаил Дыууæ дзырды. Цæрукъаты А. тæлмац „Арвыл мигътæ — сауæй-саудæр..." Цæрукъаты А. тæл- мац „Фæстæмæ æрцыдтæ..." Цæрукъаты А. тæлмац Ф>ыдæх. Цæрукъаты А. тæлмац Æрвгæлæн. Цæрукъаты А. тæлмац „Зæрватыкк зилы тыгъд арвы быдыры..." Цæрукъаты А. тæлмац Дурыл фыст. Цæрукъаты А. тæлмац ^Рæхснæг тæгæр дæ фæрссаджы раз ис..." Нафийы тæл- мац Чысыл балладæ. Гулуты А. тæлмац . . . . , Изæры уаддымс. Нафийы тæлмац • . , . Апрель. Нафийы тæлмац Бараташвили Марика Æз суадон дæн. Плиты X. тæлмац ., Зæрдæйы ’бадомæг. Плиты X. тæлмац Габескирия Виктор Ног хъæу. Плиты А. тæлмац Денджыз изæрæй. Плиты А. тæлмац Мæ зонгæ кæрт. Уырымты П. тæлмац
Ганечиладзе Давид Цы ма вæййы уымæй рæсугъддæр. Уырымты П. тсел- мац 123 Дуар бакæн. Плиты А. тæлмац 124 Киласония Нази Æз куы нæ цæрин дунейыл. Гаджиты Г. тæлмац ♦ . . 123 „Тархъæды дын дидинджытæ ’ртыдтон..." Гаджиты Г. тæлмац 127 „Уæ уыцы сау лæппу мæнæн..." Гаджиты Г. тæлмац . — „Арв фæтæргай, хæкъуырццæй кæуы...а Гаджиты Г. тæл- мац — Хуркъæвда. Цæрукъаты А. тæлмац 128 „Дзырдтой мын бæлæстæ..." Цæрукъаты А. тæлмац . . — Бобохидзе Кале Намыс партийæн. Баситы М. тæлмац 129 Никуы дыл сивдзынæн мæ зæрдæ. Баситы М. тæлмац . 130 Яшвили Паоло Сæумæрайсом. Бекмæрзты А. тæлмац 131 Дыргъдоны цау. Бекмæрзты А. тæлмац 132 Ногдзинад. Бекмæрзты А. тæлмац — Челидзе Отар Ауындзгæ хид. Нафийы тæлмац 134- Æрмæст ды дæ ахæм. Плиты X. тæлмац 135 Писмо æвзонг фæсивæдмæ. Баситы М. тæлмац .... — „Зæрæдтæ дзурынц, цыма æз фæзонын..." Баситы М. тæл- мац 136' Джангулашвили Теймураз Рагфæдзæхст. Цæрукъаты А. тæлмац 135 Сывæллоны дзабыртæ. Цæрукъаты А. тæлмац — Дохтыр. Цæрукъаты А. тæлмац • 139' У ма раджы. Цæрукъаты А. тæлмац — Цы тавта мæн. Цæрукъаты А% тæлмац 140 Паидури. Цæрукъаты А. тæлмац — Маргиани Реваз Къада-дон. Цæрукъаты А. тæлмац 142 Авдæны зарæг. Садахъты С. тæлмац , 143 Мады цæстытæ, Уырымты П. тæлмац 144 . 482
Шенгелиа Алеко Мæ фæндаг даргъ у. Цæрукъаты А. тæлмац Бонивайæн. Цæрукъаты А. тæлмац Цæй тыххæй уарзын чысыл доны. Цæрукъаты В. тæлмац Фурды был. Цæрукъаты В. тæлмац Лебанидзе Мурман Мысинаг. Гулуты А. тæлмац Манавариани Мухран Æнæзæл сидт. Сидахъты С. тæлмац „Сылгоймæгты уарзут..." Сидахъты С. тæлмац Аргветаг къæвда. Сидахъты С. тæлмац Малазония Нестор Райсом Аджары бæстæйы. Плиты А. тæлмац Райгуырæн бæстæн. Плиты А. тæлмац Сулакаури Арнил Мад% Баситы М. тæлмац . . . ^ Мæ уынг. Баситы М. тæлмац „Дымгæйы миттæ тæхынц..." Цæрукъаты А. тæлмац . . Амисулашвили Шалва Балладæ. Цæгæраты Г. тæлмац Халваши Фридон Нæ цард Мæскуыимæ сбастам. Баситы М. тæлмац . . . Дыууæ фæндаджы. Басйты М. тæлмац Пальмæ. Баситы М. тæлмац Терк. Баситы М. тæлмац Радзырдтæ Джавахишвили М. Байрæджы кодта. (ЦыбыртæгонОæй.) Доййаты С. тæлмац Лордкипанидзе Н. Алчер цуаны. Бæдоаты Т.- тæлмац. Клдиашвили С. Быдырон дидинæг. Голиаты А. тæлмац Лордкипанидзе К. Гураг таурæгъ Доййаты С. тæлмац Белиашвили А. Циалæ. Мамиаты Н. тæлмац .... Донжашвили Т. Мад. Беккуызарты Т. тæлмац . . . Лисашвили Я. Дæлимон. Къуыргъозты М. тæлмац . . Лория П. Мандаринтæ. Богазты У. тæлмац Чхеидзе Ь. Фыццаг къахдзæф. Голиаты А. тæлмац . ’.
Зедгинидзе Е. Зæрдылдаринаг сæрд. Саламты Къ. тæл- мац 294 Мревлиашвили М. Хъама. Тлаттаты А. тæлмац . . 313 Гæрзарм Иона. Богазты У. тæлмац . 329 Киачели Л. Сидт. Бæдоаты Т. тæлмац 341 Чиковани Г. Æгады мардæй. Тлаттаты А. тæлмац . 358 Асатиани М. Авдæнгæнæг. Къуыргъоэты М. тæлмац . 385 Готуа Л. Æвæндаг бал. Мамиаты Н. тæлмац .... 393 Гоголадзе Т. Тирипоны дæлвæзы. Рæмонаты Л. тæл~ мац 419 Руруа Илья. Милицæйы лейтенант. Беккуызарты Т. тæл~ мац . . 438 Номдзыд адæймаджы мыггаг. Беккуызар- ты Т. тæлмац 440 Натрошвили Г. Ног та уалдзæг Иорийы. (Цыбыртæ- гондæй.) Цæлыккаты М. тæлмац . . 444 Чхеидзе О. Миттымыгъ. Бæдоагпы Т. тæлмац 471 Цветущая Грузия Редакторы Н. К. Мамиева, А. И. Царукаев. Художник Р. /7. Скакун. Худож. редактор У. К. Яануков. Техн. редактор Е. У. Датриева. Корректоры Н. В. Цогоева, В. Т. Дзодзикова. Сдано в набор 8/1У-1959 г. Подписано к печати 12/У111-1959 г. Формаг бумаги З^хШ^/зг- Печатных листов 25,01. Учетно-изд. листов21,7. ЗаказМь 1376. Изд.№ 71. Тираж2000. Цена 9 р. 10 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.