Теги: журнал   фидиуаг  

Год: 1984

Текст
                    АИВ-ЛНТЕРАТУРОН ÆМÆ
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ 11ÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
Я НВАРЬ
ЖУРНАЛ ЦÆУЫ
1927 АЗЫ ЯНВАРÆЙ 4
ВДФДООД&ОД&нДОИЬ*Ь
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ — Чызджы намыс (уацау) 3
АСАТЫ РЕУАЗ — Ног æмдзæвгæтæ 28
1УГКАТЫ ШАМИЛ —Дадайы уæлмæрд (радзырд) 36
ХЬОДАЛАГЫ ГЕРСАН — Æмдзæвгæтæ 41
ХЪАЗИТЫ АЛЕКСАНДР —Тæрхон (таурæгъ) 48
ЛИТЕРАТУРОН НОГДЗАУТÆ
ГАССИТЫ МОИСЕИ —Æмдзæвгæтæ 68
ЦОЦИТЫ ЕМЗАР — Æмдзæвгæтæ 69
ХАЦЫРТЫ ФИЛИПП — Æмдзæвгæтæ 69
ТУАТЫ ЛЕНÆ —Æмдзæвгæтæ 70
ХАЦЫРТЫ ОТАР — Гæбийы гал (æмдзæвгæ) 71
ЦЫБЫРТЫ МАДИНÆ —Æмдзæвгæтæ 71
ГОДЖЫЦАТЫ НЕЛЛИ — Ирыстон (æмдзæвгæ) 72
ОЧЕРКТÆ
КЬÆБЫСТЫ УАРДЕН — Кæркуысты дзуг 73
АИ ВАД
ГАГЛОИТЫ ВАРВАРА —Мæ мысинæгтæй 77
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
БЯЗЫРТЫ АЛЕКСАНДР— Нарты эпосы истори 81
БИАЗЫРТЫ КЪАМЕРЛАН — Токаты Алиханы иу тæлмац æм-
дзæвгæйы тыххæй 89
БАХЪАТЫ НУГЗАР — Цалдæр дзырды Хъодалаты Герсаны чи-
ныг «Лæгдзырагъ»-ы тыххæй 93
ПЫСЫРАЙЫ ТÆППÆЛТТÆ
ПИРАНТЫ МИГКА—Пародитæ 95
ГУЫБАТЫ ФЕДЫР — Хъæлдзæг ныхæстæ 96
19-ЦХИНВАЛ-83


ФИДИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЯ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ Ч ОБЩЕСТВЕННОПОЛИТИЧЕСКИИ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза писателей Грузии аспзосгтзо’эло ьаш&б^гсоьбоз-зспогоАоа’ЗАО СЭАЫСГО ^З^^оЬ Ьд8ЬЛдо> тЬдотоЬ миваеет.яяиазаатааивг’аз^^ СÆИРАГ РЕДАКТОР ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ: БУКУЫЛТЫ АЛЫКСИ. ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН. ДЖУСОЙТЫ НАФИ. ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ. КОЗАТЫ ИСИДОР, МÆРГЪИТЫ КЪОСТА, ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретаръ) РЕДАКТОРТÆ: БАХЪАТЫ НУГЗАР, ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ, ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Техредахтор Куымæридтаты Офелия Корректор Болататы Ленæ Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакпи фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 28. XII 1983 г. Подписано к печати 21. II 1984 г. Учетно-изд. л. 6,9 Формат бумаги 70x89716 Печатных листев 8,9. Заказ тгг.ографии № 15. ЭТ 00209. Тирг.ж 4000 Адрес типографии: гор. Цхинвали, ул. Московская, 5. Тел. 2—42—25, 2—22—24 Адрес редакции: гор. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел. 2—22—65, 2—22—60.
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ ЧЫЗДЖЫ НАМЫС Уацау I Æфсæддон дохтыр Саутиты Сæрмæт йæ уаты дуар базыхъхъыр кодта, йæ цыбыр æлвыд сæр чысыл радардта æмæ йæ чызгмæ радзыр- дта: — Аминæт, дæ разы стъолыл мæ ливор æмæ йæ ныссæрф. Знон æх- сæндон фæзы милмæ фæлвæрдтам æ^мæ мын уый фæстæ йæ сæрфы- ны фадат нал фæци. Чызг йæ мыдгъуыз, бæзджын дзыккутæ къулы кæсæны раз урс сæрвасæнæй фаста. Йæ уæхсчы сæрты йæ фыдмæ йе стыр сæгъдзæсты- тæ базылдта, гæзæмæ йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ: — Баба, ды дæр дæ хотых куы ливор фæхоныс, куы наган, куы та пистолет. Растдæр сæ кæцы у, кæ? Сæрмæтæн йæ нарæг сау рихийы бынæй йæ дзæнхъа урс дæнд^ег- тæ фæзындысты: — Ды йæ дзæбæх ныссæрф, уый йеддæмæ куыд хуыйны, уый дæуæн цы хъауджыдæр у? Науæд фарон нæхимæ, Ирыстоны, куы уыдыстæм, уæд Алыггаты Хазбийы зарæг никуы фехъуыстай?.. Ой, барæджы фидыц, дам, цæмæй у, лæппутæ? Ой, æмæ, зæгъы, саргъ æмæ идонæй. Ой, хæстон лæджы тох та цæмæй у, мæ хуртæ? Ой, кæд ,æмæ, дам, кард æмæ ливорæй. Уæдмæ уаты рæбынæй Сæрмæты æмкъай Аксанæ радзырдта: — Ацы чызджы ма-иу гæрзтимæ ма архайын кæн! Уæд та йыл фæ- ирвæзт кæнæ... — Ма тæрс, мамæ! Æз уарзын хотыхтимæ архайын, стæй сæм арæх. сгæ дæр кæнын. Баба, раст зæгъ, æндæрæбон хъæды нысанмæ куы æх- стам, уæд нæ чи рæстдзæвиндæр разынд? Ды æвдæм зиллакк акъуырд- тай, æз та — фарастæм. Æви йыл нæ сæттыс? — цъæхснаг хъæлæсæй ныххудт Аминæт æмæ дамбацайы лулæйы сампал атъыста. — Мæнмæ гæсгæ, хотыхæй куы фехсай, уæд æй йæ хæдфæстæ сæр- фын хъæуы, науæд фæздæджы ала йæ къултыл æгæр фæбынæттон вæй- йы, — загъта чызг, йæ куыст дарддæр кæнгæйæ. — Цæй, цæй, зонд ма амон, стæй дæхицæй дæр æгæр ма ’ппæл, науæд дæ мемæ никуыуал акæндзынæн æмæ та уæртæ тиры гекъойæ гæрах кæн. — Сæрмæт дуар рахгæдта. ... Цæвиттон, Сæрмæт æмæ Аксанæ Киевы медицинон институт иу- мæ фесты каст. Кæрæдзи бауарзтой æмæ сæ амонд баиу кодтой, нал фæ- хицæн сты. Сæрмæт куыста госпиталы. Уым райста радон æфсæддон ном дæр. Аксанæ та районы рынчындоны хицау уыдис. Сæодыгон улæф- 3
ты рæстæджы-иу дыууæ æрыгон æмкъайы уыдысты Ирыстоны, Сæрмæ- ты ныййарджытæм. Сæ чысыл зæрватыкк Аминæт цъыбар-цъыбур код- та куы иронау, куы украинагау, кæнæ уырыссагау. Уыйхыгъд Аксанæ иронау стæм дзырдты йеддæмæ нæ зыдта. Уымæ гæсгæ фыд æмæ чыз- джы исты сусæг ныхасаг куы уыд, уæд дзырдтой иронау. Ус-иу арæх амæсты, фæлæ йын йæ лæг худгæйæ дзырдта: — Уый бæсты махырдыгонау сахуыр кæн æмæ дын хуыздæр уа... Нæхимæ ацу, бакус дзы иу-æртæ азы æмæ... Аминæтæн йæ мады мад Гарпинæ йæ рæстæджы немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг уыд. Ныр уыцы æвзаг фæамоны йæ чысыл скъоладзау хæ- рæфыртæн дæр. Ныртæккæ Сæрмæт ис йæ каистæм, йе ’фсины мад Гарпинæйы хæ- дзары. Иæ усы кæстæр æфсымæр Сашæ у лейтенант. Службæ кæны кæмдæр дард ран . Бинонтæн сæ фыд раджы фæзиан, фæлæ мад йæ чызг æмæ йæ лæппуйы сæ ахуыры фæндагæй нæ фæиппæрд кодта, нæ дæр йæ мыды кусчы хуызæн хæдзар истæмæй фæцудыдта. Аминæт цæры йæ нанаимæ. Скъоламæ дæр æй уый æрвиты. Чыз- гыл сæххæст æхсæрдæс азы æмæ йын йе ’мбæлттимæ чысыл куывд дæр скодта йе стыр мад. Æцæг ыл уый фæстæ фæсмонæй мард, фæлæ ма цафон, гъа?.. Бадтысты цыппар чызджы æмæ æртæ лæппуйæ фынгыл. Сæ разы адджинæгтæ, лимонæдтæ, бæгæныйы æвгтæ. Хæларзæрдæ æфсин сын хъармæй-хъарммæ хæссы хæрздæф, фæздæгкал галушкæтæ. — Ахæрут, мæ хъæбултæ, ахæрут! — зилæнтæ кæны сæ алыварс, стæм хатт сæ уæлийæ дæр абады. Агуывзæтæй бæгæны æркæны Ами- нæт йæхæдæг. Фæлæ йæ дæллаг фарс бады бур пыхцылсæр лæппу Мин- ко Степан. Уый уайтагъд фæцырд вæййы æмæ лæппутæн æрыдзаг кæ- ны сæ агуывзæтæ, стæй авг йæ тæккæ раз æрæвæры. Аминæт ыл цы. дæр фæдызæрдыг. Авг фелвæста, басмыста йæм æмæ йæ рæсугъд тæ- нæг былтæ сзылынтæ сты. Пыхцылсæр æм йæ амонæн æнгуылдзæй ба- взыста, ома, дæ дзыхыл- хæц... Чызг ’йæ мидбыл бахудт мæстæй, фæлæ дзургæ ницы скодта. Минас дарддæр ивылы. Дзæнгæрæг худт, хъазæн ныхæстæн кæ- рон дæр нæй. Минко та йе ’мбæлтты агуывзæтæ айдзаг ласта. Иæхæдæг цæхæ- райау ныссырх. Иæ сæр æвиппайды фæстæмæ фæкъул вæййы, стæй агуывзæ афтидæй йæ разы авæры. Иæ бæзджын уæллаг был йе ’нгуыл- дзæй адауы. Æнæнхъæлæджы Аминæты сæр йæхирдæм фæзылдта, æр- балхъывта йæ æмæ йын ахъаззаг йæ русæн ныпъпъа кодта. Чызг дзы йæхи ратыдта. Галушкæтæй йедзаг хъулон тæбæгъ фе- лвæста æмæ йæ йæ тых, йæ бонæй лæппуйы цæсгомыл ныххуырста. Уы- мæн йæ фындзы туг фемæхст. Иæ къух йæ мукъутыл авæрдта: — Ой, мамо, зæгъгæ, фæкодта. Фæлæ чызг ууыл нæ банцад. Фынг йæ ныллæгзæвæт дзабырæй нырриуыгъта æмæ фæфæлдæхт. Хæринæгтæ пъолыл абадтысты. Нуæзт асуадæттæ, цæдтæ-цæдтæ абадти. Чызджытæ ныцъцъæхахст ластой. Фестадысты. Сæ къабатæ сахуыр- стысты хæринæгты сойæ, акалдысты сыл сæ бæгæныйы, сæ лимонады агуывзæтæ. Лæппутæ уадид феддæдуар сты, цæст сыл нал фæхæцыд. Æрмæст ма къæсæргæронæй сæ иуы мæсты дзурын æрбайхъуыст: — Æдылы Минко! Нæ йæ зоныс, Аминæтмæ афтæ агайæнтæ нæй?! Ныр дæ былты сырх стæр! Гарпинæ, дурдзавдау, лæугæйæ аззад. Ие ’рмттæ кæрæдзиуыл ных- хоста: — Что ты наробила, дочка, что ты за людина? (Уый цы ми бакод- тай, мæ чызг, цы хуызæн адæймаг дæ?) Аминæт пъолæй хæринæгтæ исы. Нуæзты кæлдтытæ цыдæр быз- гъуыртæй сур кæны æмæ йæ нанамæ скаст: 4
— Æцæг людинæ куы у, æцæг... — Нæ, нæ! Уый хъæддаг ми у! Цы дын^уыдис, лæппу дын апъа кодта, уымæй. Сымахмæ, Кавказы, афтæ фæкæнынц ахæм чысыл ни- цæй тыххæй?. Дæ уазджыты афтæ...— дисгæнгæйæ дзуры зæронд ус. — Афтæ нæ фæкæнынц, фæлæ уыцы пыхцыл сæры ^уызæн æдзæс- гом, адæймаджы сыгъдæг намысæй хынджылæггæнджытæн хъама фе- нын кæнынц. О, о! — Ой, ой! — йæ цæсгом йе ’рмттæй амбæрзта ус. — Ма кæнГ Уæл- дай мацыуал зæгъ. Уый дурзæрдæ куы дæ, дурзæрдæ, æнæнтыст макуы фæуай, — загъта Гарпинæ. ... О, фæлæ уыцы хабæрттæ иу-æртæ къуырийы агъоммæ уыды- сты. Рох дæр ма фесты. Ныр мæнæ даргъ, хъулон халат йæ уæлæ, йæ къæхтыл рог, æрттиваг къахкъуырæн дзабыртæ, афтæмæй, чысыл раз- дæр Сæрмæт йæ сæр кæцæй радардта, уыцы уатæй рахызт Аксанæ. Иæ цæстытæй худгæйæ, йæ мадмæ бадзырдта: — Дæ райсом хорз, мамо, — стæй йæ чызгмæ иу уарзон хъæлдзæг æнгас баппæрста æмæ хихсæн хатæнмæ бахызт. Чысыл фæстæдæр æрбацыд Сæрмæт дæр. Йæ хæрзконд уæнгтыл джиппыуагъдау фидыдта йе спортивон донгъуыз кастюм. Зæронд усæн йæ сæрæй акуывта, йæ чызджы дзыккутæ иу февнæлдæй гæзæмæ аз. мæста æмæ уый дæр хихсæнмæ фæраст, ныллæг хъæлæсæй заргæ: Урс доны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. Урсдæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн бауарзтон. Аминæт аходæны фынг рæвдз кодта, фæуагъта йæ, ныххудт дзæн- гæрæг цæгъдæгау: — Баба, сайыс! Мамæйæн сау æрфгуытæ нæ, фæлæ бур æрфгуытæ ис. Лæг æм иу цæхгæр каст фæкодта, йæ урс дæндæгты рæнхъ та фæ- зынд æмæ йæм йæ амонæн æнгуылдзæй бавзыста... Аходæны фынджы фарсмæ бадынц адджын, амондджын бинонтæ. Æфсин фест-фест кæны. Къæбицæй куы адджинæгтæ радавы, куы туаг æхсыры хъуырау, куы хъыбылыйас галушкæтæ. Сæрмæт йæ мидбынаты тыхсæгау кæны, базмæлы, йе ’мкъаймæ ба- дзуры: — Зæронд ус лæггад кæны, мах та... Худинаг нæу?.. — Не, не, синко (нæ, нæ, хъæбул!) сымах уазджытæ стут. Арды- гæй та уæ иннæ хуыцаубонмæ нал фендзынæн, — рæвдауæн хъæлæсæй сдзырдта ус æмæ йе сиахсы агуывзæйы фæздæгкал цай æркодта гуы- бынджын, æрттиваг цайнычы къæдз лулæйæ. — 0 æмæ, Аминæт, ды дæр уазæг дæ? — зулмæ йæм бакаст Сæр- мæт. — Баба, æз ныртæккæ! — фæппæррæст ласта чызг. Иу уысммæ уый дæр галушкæтæйдзаг тæбæгъ æрбаскъæфта. Сæрмæт миты хъæпæны хуызæн, дыууæ дыдагъ къухмæрзæнæй йæ оылтæ адаудта æмæ сдзырдта: Ип,ГМамо! Мæнæ Аминæты йе скъолайæ куы рауадзой, уæд нæхимæ, Ирыстонмæ, ацæут æмæ уым баулæфут. Мах дæр уæм, чизоны, ныууа- иæм иу-чысыл рæстæджы. у — О, синко, мæнæн та кæм ис уый фадат? Ам мæнæ мæ цæхæрадон мæ хъуг, мæ рæуæд... Уæхæдæг æм иу мæй куы афтиккат, уæд мæнæ чызджы дæр уемæ акæниккат. У Се ’ппæт дæр ныхъхъус сты. Алчи дæр сæ йæ аходæн хæры, йæ мид сагъæсты ленк кæны... Æвиппайды дуар фегом æмæ сæм цæгадæ- джы мидæг æрбацыди Минко. Тыхулæфтгæнгæ дзурьг 5
— Сæрмæт! Хæст райдыдта! Районы уыдтæн æмæ йæ уым фехъуы- стон. Гарпинæйæн хъайлайы тæбæгъ йæ къухæй æрхаудта. Сæ хæдза- ры къулыл йæ лейтенант фырты къаммæ фæкомкоммæ. Сæрмæт фе- стад: — Цы, цы?1 Кæд, чи?1 — Абон, дам, æхсæвы цъæхæй гермайнаг фашисттæ æрбабырстой æгас хурныгуылæн арæныл. Сæ хæдтæхджытæ суанг Киевы сæрты зи- лынц, — загъта Минко, Аминæтмæ ма йæ цъæх цæстытæй иу каст фæ- кодта æмæ феддæдуар. Чысыл фæстæдæр Сæрмæт йе ’фсæддон дзаумæтты Гарпинæйы раз æрлæууыд: — Нана, ирон адæм афтæ фæзæгъынц, зынг зæгъынæй, дам, ком нæ судзы, фæлæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу Аминæтимæ Ирыстонмæ, мæ мадмæ уæхи айсут, — йæхæдæг зæронд усы ныхæн апъа кодта, стæй та йæ чызджы сырх уадулæн æмæ Аксанæимæ къæсæрæй рахызтысты. Н ...Æрталынгмилтæ. Гарпинæйы хæдзары дуар бахостæуыд: — Хæдзаронтæ! — Чи дæ, цы дæ хъæуы? — райхъуыст. Аминæты тызмæг хъæлæс. — Æз дæн! Дуар бакæнут, — азæлыд кæйдæр барджын ныхас. — Цы дæ хъæуы? — базыдта Гарпинæ сæ хъæуы старостæ Саен- ко Олесы хъаелæс æмæ йын дуар бакодта. Олесь арæхстгай æрбахызт. Фæтæгены цырагъæй гæзæмæ рухс уа- ты къуымты йæ цæст ахаста. Кьулт^е урс-урсид чъырæй уыдысты ног- цагъд æмæ сын уыцы æнæбары нымæг рухс дæр хъæлдзæг хуыз лæ- вæрдта. Лæг Аминæтмæ æдзынæг бакаст: — Чызг, ды дæхи ма ныррæсугъд кæн, фæлæ исты бынтон зæронд дарæс скæн. Уынгтæм дæр, гæнæн уæвгæйæ, ма цу. Фрицты цæст дыл куыннæ ныдзæва. Сывæллон нал дæ. Кæддæр мæнæ де стыр мад стæг- низæй къуылых куы уыд. Уыцы низ дæуыл нæ бахæцыд, миййаг?... Кæ- нæ уæд уый рынчынæй куыд цыдис, уыцы уавæр нал хъуыды кæныс?.. Раст нæ зæгъын, Гарпинæ? Аминæт тынг рæсугъд у æмæ тас у... — йæ ныхас фæлыг кодта... Ус ын дзуапп нæ радта. Саенкойы рæстмæ не ’мбары... Немыц куыддæр сæ хъæумæ æрбабырстой, афтæ ацы лæг старостæйæ агæпп ласта. Тыхгæнджыты хъуыддæгты фæдыл æнувыдæй зилы, бынæттон адæммæ ехсæй æвзиды, йæ къутæр, бур æрфгуытæ фелхынцъ кæны. Олесь хæсты агъоммæ клубгæсæй куыста. Хъæлдзæг, хъазæгой, ацæр- гæ усгур лæппу, фæлæ фашисттæ куыддæр фæзындысты, афт;æ йæ хи- цауæй куыд аурæдтой, уый бæрæг нæй. Ацу æмæ йыл баууæнд... Ныр мæнæ Аминæтыл йæхи аудæг скодта, фрицты цæст, дам, дыл куыннæ ныдзæва... Хæйрæг йæ зонæг.., Хæсты размæ æууæнкджын лæ- гыл нымад уыд. Рæстæвзарæн хъуыддæгты дæр-иу арæх уыдис, фæлæ ныр сагъæсты ныгъуылы Гарпинæ. Уæвгæ, мæнг нæ фæзæгъынц: кал- мæн йæ хъулæттæ æддæмæ, адæймагæн та — мидæмæ... Аминæт Саенкомæ бынтон туджджыны цæстæй кæсы. Ныр дæр цæхгæр фæзылд æмæ сæ фаллаг уаты смидæг. Олесь сæм скъолайы пионерты æмбырдты цал æмæ цал хатты уыд! Чызджы фæскомцæдисмæ куы истой, уæддæр президиумы сырх хъуы- мацæйæмбæрзт стъолы фарсмæ бадтис. «Ныр фашисттæн — хъуыды кæны Аминæт — сæ зæвæттæ стæры, йæ хъæубæстæм йæ ехс тилы. Тæ- худы, бабайы наган мæм куы баззадаид, уæд ын æй æз йæ тæккæны- хыл...» Аминæт сæ хъæуы йе ’мкарæн фæсивæдæй иуы дæр нал уыны. Цы- 6
ма сæ æвиппайды зæхх аныхъуырдта, уыйау æрбайсæфтысты. Æрмæст ма æндæрæбон талынггæрæтты сæ хæдзары фиссыны цур Минкойыл хæрхæмбæлд фæцис. Уый фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, стæй йæ цурмæ æрбагæпп ласта. Ныллæг хъæлæсæй тагъд-тагъд дзуры: — Мине! Æз уæм а-’вахс рæстæджы фæзындзынæн, æвæццæгæн, æхсæвыгон. — Кæцæй? Кæм вæййыс? — афарста йæ чызг дисгæнгæ... — Уый дæ нæма хъæуы, фæлæ-иу мын дуар æнæкъæрццæй бакæн. — Æмæ дæ талынджы цæмæй базондзынæн? — Пароль дын зæгъдзынæн — «Днипр» — сдзырдта лæппу æмæ æх. сæвы тары æрбайсæфт. Аминæт йæ мидбынаты сагъдауæй баззад. «Минкоты бинонтæ ам куынæуал сты, уæд ма уый кæцæй фæзынд?... Диссаг у, кæм вæййы, цы аразы? Кæмдæр, дам, партизантæ ис æмæ... Ома, уыдонимæ уа? Æмæ ма уæд ам кæцæй февзæрд ацы æгæнон дæлимон?» — фæрсæгау кæны йæхи... Сæ хæдзармæ араст дыгъуырццæгæй. «Куы ма æрцæуа æмæ/ æцæгдæр, кæд партизантимæ ис, уæд йемæ адымдзынæн æз дæр. Æз ма ам цы аразын? Фендзыстæм уæд, кæддæ- ра ма уыцы уæйгæнæг клубгæс бирæ фæхизид...» ... Олесь æнæдзургæйæ бады фæхсбандоныл. Иæ хистæр æмæ йæ амонæн æнгуылдзæй йæ чысыл цъæх цæстытæ бамбæрзта. Цæмæй зоны, цы бæллæх хъуыдыты ныдздзæгъæлтæ. Æрæджиау æй Гарпинæ афар- ста: — Дæ хицæуттæ ма ноджы размæ бырсынц, сæ туджы фæмæцой?! Сырх Æфсад сæ нæма æрурæдта? — хингаст æм бакодта. — Гмм... Мæ хицæуттæ? Бырсынц, бырсынц, сæ бон ныччифой! Рæхджы Днипрæй агæпп ласдзысты, стæй уæд сæ фæндаг — Мæскуы- мæ! — йе ’рфгуыты бынты бакаст усмæ- Аминæт æвиппайды фаллаг уатæй рагæпп ласта æмæ кæуынхъæлæ- сæй афтæ зæгъы: — Уæдæ цин кæн, цин, уæйгæнæг! Фесæф тагъд ардыгæй, — йæ хъуыр ахгæдта фырмæстæй. — Банцай, налат! Дæу ничи фæрсы, — тызмæг æм бакаст йæ нана. — Уадз æй, уадз, Гарпинæ! Ма йæм хыл кæн. Æгайтма афтæ зынг- зæрдæ у. Хорз, хорз, Аминæт, æз цæуын, фæлæ мæ фæдзæхст рохы ма уæд, — старостæ сыстад æмæ дуарæрдæм рараст. — О, æнæнтыст фæуай, æнæнтыст, кæд цы ’взагæй дзурыс. Уый ныр хицау кæй у, уый куы зоныс. Цæмæн нæ сафыс?! Нæ ныхмæ немыцæг- тæн иу дзырд зæгъдзæн æмæ уæртæ фæсхъæу бæласы цонгыл ауындзæн бæндæнтæ федтай?.. Сабыр у, дæ дзыхыл хæц. Æз ыл иуæй-иу хатт дызæрдыг дæр фæвæййын. Чи у, кæй фарс хæцы?.. Мæнæ йæм ныртæк- кæ кастæ, куыд дæ фæдзæхста, — фæци йæ ныхас зæронд ус æмæ къæх. ты бынæй ныуулæфыд, фæлæ та ногæй йæ сæр нынкъуыста: — Ехх, зæфцыфыдæй баззадыстæм ам. Знаг куы æрбаввахс, хотыхты нæрын тынгæй-тынгдæр куы хъуыст, уæд хъæууон адæм — зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ уæрдæтты, машинæты, бирæтæ та фистæгæй Хурыскæсæнырдæм лидзын райдыд- той. Гарпинæйы та раст уыцы заманыйæ рагон стæгниз æрцахста æмæ йæ азмæлæн нал уыд. Йæ уарзон сиахс Сæрмæты фæдзæхст бæргæ йæ зæрдыл лæууыд, нæхимæ, Ирыстонмæ-иу уæхи айсут, зæгъгæ, фæлæ гъа... Аминæты æрвыста, ацу, дам, сыхæгтимæ, фæлæ уый йæ къæхтæ ныццавта: «— Нæ, нана, æз дæу иунæгæй нæ ныууадздзынæн». — Нана, Саенкойыл дзæгъæлы дызæрдыг кæныс. Уый фашистты фæсдзæуин у. Мæхи цæсты раз цал æмæ цал æнаххос адæймагыл æр- уадзы йæ ехс! Уæлдайдæр ыл йæ хицæуттæй искæй цæст ныдзæвы,уæд ын арт æмæ фæнык нал вæййы, æррайау хъæрахст самайы, йæ комы фынк калы, лæбуры, нæмы. Нæ, хотых мæ æнæмæнг хъæуы, уæд ын æз...
Ехх, бабайы ливор! Ивгъуыйгæ дæр дзы нæ кодтон. Æниу, æвæдза, æн- дæр хæцæнгарзæй дæр сарæхсин... — Хъæрæй ма дзур, æдылыкъоппа. Ныртæккæ хъæдтæ æмæ дур- тыл дæр хъустæ ис, — ныллæг хъæлæсæй сдзырдта ус æмæ дуарæрдæм йæ фæллад, хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ разылдта. Сæ уаты рæбинаг къулмæ та скасти. Ферох æй, йе ’фсæддон фырты къам уырдыгæй рай- синаг кæй уыд, уыцы хъуыддаг, фæлæ та йæ ныр дæр ныууагъта. Ш Сæрды тæмæн. Иурайсом Саенко ехсы бырынкъæй Гарпинæты хæ- дзары дуар бахоста. Аминæт, алыхаттау, сæ къæбицмæ багæпп ласта. Ацы хъæумæ тыхгæнджытæ куы æрцыдысты, уæдæй нырмæ афтæ кæ- ны. Ныр дæр сæ куы ауыдта, фæрсагæй Олесимæ æрбацæугæ, уæд ам- бæхсти. Гарпинæ сын дуар бакодта æрæгмæгомау, стæй уæд рахызт, хуыз- дзыд раздарæнæй йæ къухтæ сæрфгæ. Старостæ йыл фæбогъ ласта: — Къуырма бадæ, зæронд дæлимон?! Кæдмæ дæм æнхъæлмæ кæ- сæм?! Уыныс, дæлæ кæрты герр обер-лейтенанты?! Уый цæрдзæн уæр- тæ уæ фаллаг уаты. Марадз, дуар рæвдздæр бакæн æмæ йæ фена. Ус кæртмæ æркаст. Уым лæууыд къæсхуыртæконд бурдзалыт афи- цер, уымæй чысыл фалдæр та — æрыгон, дæргъындзæг салдат, стæй Олесмæ бадзырдта: — Ныртæккæ! Дæгъæл радавон, — кæцæй рахызт, фæстæмæ уыцы хатæнмæ фездæхт. Уайтагъд егъау урсбæттæнджын дæгъæл раскъæф- та æмæ дуар кæныныл фæцис. Олесь асиныл æрызгъордта, немыцаджы раз фесхъæл, йæ армы фæдардæй йын асины сæрмæ ацамыдта: — Битте, герр обер-лейтенант! (Дæ хорзæхæй, господин обер-лейте- нант!) Уый исдугмæ цæйдæр тыххæй йæ хъахъхъæнæг салдатмæ фæкаст, стæй асинтыл хæрдмæ фæцæуæг. Дуары бахизæны кæд йæ сæр чысыл фæныллæг, уæддæр йæ бæрзондныхджын худы тигъ уæлкъæсæрыл гæ- зæмæ баныдзæвд. Уæрæх, хæрзæфснайд уатыл йæ цæст ахаста. Гарпи. нæмæ цъæррæмыгъдтытæ уырыссаг æвзагыл бадзырдта: — Бабка, сынтæджытæй иу ахæсс ардыгæй, афтæ бандæттæй дæр, — стæй рæбинаг къулыл рæсугъд, мыдгъуыз фæлгæты æфсæддсн лæ- джы къаммæ фæкомкоммæ. Иæ чысыл цæстытæ дзы нал иста. Усмæ цæхгæр фæзылд: — Чи у ацы афицер? — Мæ лæппу у. Ныртæккæ æфсады ис. — Къамисар?! — Нæ, къамисар нæу, командир у, — усы бæсты дзуапп радта Олесь. — Аппарут æй ныртæккæ! Старостæ йæм багæпп ласта, къулæй йæ æд ауындзæн зæгæл ра- тыдта, фæрссагæй йæ хъуамæ асхуыстаид, фæлæ йæм Гарпинæ бауад, йæ къухæй йын æй раскъæфæгау кодта, йæ дæларм æй балхъывта æмæ Саенкомæ фæлмæн хъæлæсæй бадзырдта: — Дæ нывонд фæуон, зæгъ-ма йын, сынтæг æй цы хъыгдары, цæ- мæн æй æппарын кæны? Мæ лæппуйы хуыссæн у. Старостæ йæм йæ цæстытæ фæхъоппæг ласта, ехсæй йæ æрриуыгъ- та: — Уæлдæйттæ ма рæй, фæлæ хæсгæ, зæронд кæлдым! — йæхæдæг сынтæг дуарырдæм фесхуыста. Гарпинæйæн ехсы æрцъыкк ницы уабæрæджы фæрыст, фæлæ уæд- дæр йæ цæстытæ фырмæстæй цæхæртæ акалдтой. 8
Уæлдай сынтæг æмæ бандон уайтагъд балкъоны кæрон февзæр- дысты. Обер-лейтенант къæсæрæй рахызт, иу уысм фæлæууыд æмæ ус- мæ бадзырдта: — Бабка! Уат хæрзæхсад ныккæн! Йæ фæрссаг ын гом ныууадз. Дуар сæхгæн æмæ дæгъæл дæлæ салдатмæ ратт, — ацамыдта кæрты астæу хъахъхъæнæгмæ. Асиныл уырдыгмæ фæраст. Дыууæ къахдзæфы куы æрхызт, уæд йæ фæстæцæуæг старостæйы афарста: Ацы зæронд усы йеддæмæ ма ацы хæдзары æндæр исчи цæры? — æмæ дарддæр æркъахдзæфтæ кæны. Кæртмæ æрхызтысты, афтæ та йын Олесь дзуапп радта: — Ам ма зæронд усимæ цæры йæ чызджы чызг. — Æмæ усæн йæ чыз^ йæхæдæг кæм ис, кæнæ чысыл чызгæн йæ фьщ? — Уыдон дыууæ, ус дæр æмæ лæг дæр сты дохтыртæ. Хæсты рай. дианæй фæстæмæ ардæм нал æрцыдысты. — Æвæццæгæн, фронты сты? — бакаст немыцаг Олесмæ. _—Æмæ гъа? Ницы сын зонын. Уый йе ’рттиваг цæфхадджын цырыхъхъы бырынкъ кæрты лæгъз зæххы чысылгай æртъæпп-æртъæпп систа æмæсдзырдта: — Æмæ кæм ис уыцы чызг? Фæдзурут-ма йæм. — Марадз, тагъд! Аминæты ардæм, — сæнтхъæр фæкодта Саенко усыл. Уый хæдзармæ фæуад. Уайтагъд Аминæт цыдæр стыртæ, хуызивд къабайы къуылых-къуылых сæ цурмæ рацыд. Гуыбыргомау, æнкъардæй зæхмæ кæсы. Афицер ыл йæ цыбырхауджын цæстытæ æрхаста, йæ бур æрфгуы- тæ фелхынцъ сты: — Ай цы у? Хуымы быдыргъ, цъиутæ тæрсынгæнæн? —усмæ та фæ- зылд: — Мæ уат мын уæ чи æфснайдзæн, ды æви уый? — йæ цырыхъхъы бырынкъ та зæххыл сæрыстырæй тъæпп-тъæпп систа. — Куы — æз, куы — уый, — загъта Гарпинæ. — Æмæ йын дзæбæхдæр дарæс нæй? — цæхгæр фæлыг кодта не- мыцаг æмæ кæртæй фæцæуæг. Иæ фæдыл фæраст Олесь дæр. Чысыл куы бауадысты, уæд афицер цъайгæрон фæлæууыд: — Дон ардыгæй фæхæссынц? — О, ардыгæй! Хистæр. йæ хъырихъупп даргъ уачъи æркъæлæт кодта æмæ йæм ныккаст, стæй раст слæууыд æмæ афарста: — Хорз дон у? — Иттæг хорз, герр обер-лейтенант! — Сис-ма дзы! — æмæ телы кæрон цы егъаугомау къæрта ауыгъд уыдис, уымæ бакаст. Саенко зилæн æрыздыхта æмæ къæрта цъаймæ ныффардæг, стæй йæ цæссыджы хуызæн рæсуг донæй йедзагæй сласта. Немыцаг та йæм ныллæг нымдзаст: — Аназ-ма дзы, кæддæра уазал у? Олесь йæ иу къухæй къæртайы хъусыл ныххæцыд æмæ дзы æх^- сызгонæй банызта, йæ бур рихиджын былтæ йæ фæлмæн уæлармæй адаудта: — Уазал, ихы къæртты хуызæн. — Акал æй æмæ дзы ногæй сис! — бардзырды хуызæн загъта не- мыцаг. Старостæ къæрта йæ дыууæ къухæй чысыл æддæдæр аивæзта, йæ дон ын афæлдæхта. Ногæй йæ цъайы ауагъта. Уайтагъд æй сатæг до- нæй йæ былтæм дзагæй сласта. Афицер æм æргуыбыр, йæ худы какар- 9
дæйыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ дзы банызта. Чысыл фæстæдæр йæ бæр- зæй сраст, æхсызгонæй сдзырдта: — Зер гут! (Иттæг хорз!) —Стæй йæ цъæх хæлафы дзыппæй хъæ- пæнурс къухмæрзæн цыппар дыдагъæй систа, нæ йæ райхæлдта, аф- тæмæй дзы йæ былтæ адаудта æмæ хъæууынджы дарддæр араст. IV Хъахъхъæнæг салдат Гелман Гансмæ хъæуы фаллаг кæронæй дзæбæх зындис знаджы стыр æфтауцдон. Ацы бæстыхай раздæр уыд колхозы фосы фермæйы агъуыст. Ныр æм тыхгæнджытæ баскъæрынц кæттагæйæхгæд стыр уæзласæн машинæтæ æмæ йæм цыдæртæ æвдае- лон кæнынц, фæлæ цы вæййынц, хæцæнгæрзтæ, дарæс æви хæлц, уы- мæн бæрæг нæй. Æфтауцдонæн ис йæхи хъахъхъæнæг. Фылдæр фæлæу- уы йæ фаллаг кæрон, йæ ацырдыгæй хаймэб стæм хатт æрбазилы. Гелман у тынг тæнтъихæг. Ие ’фсæддон дарæс ыл зыны ауыгъды хуызæн. Æвæццæгæн æй хæсты тæмæнмæ дæр уый тыххæй не ’рвитынц. Ам, мæн’æ Гарпинæйы кæрты, йæ автомат йе ’фцæджы, афтæмæй йæ нарæг даргъ фындзы бын ныллæг хъæлæсæй цыдæр зарæг, хъуырна гæдыйау, фæхъырны, дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Арæх æм дыккаг уæладзыджы фæрссагæй йæхимæ, ссиды обер-лей. тенант Шулц. Йæ цæфхадджын цырыхъхъытæ йын асины сæрмæ ра- хæссы æмæ сæ уайтагъд, авгау, сæрттивын кæны, куы та йын йæ мун- дир хæрз цагъд ныккæны. Фатер сæрфгæ, æфснайгæ Гарпинæ æмæ Ами- нæт фæкæнынц, фæлæ сын йæ дарæсмæ бавналыны бар нæй. Чысыл фæстæдæр обер-лейтенант гсиныл æрхызт. Гелман йæ даргъ мæллæг цонг фæхъил кодта: — Хайл Гитлер! Иæ хицау дæр иу хъуыррытт ф&ласта: - — Хайл1 —æмæ уынджы кæдæмдæр араст. Гелман Ганс ахæм заманы, ома афицер куы ахъуытты вæййы, уæд йæхи фæхаты тынг хорз, сæрибар. Иæ цъæх цæстытæ цины æрттывд скæнынц. Мæнæ ныр дæр йæ автомат йæ нарæг чъылдыммæ азылдта, систа былтæйцæгъдгæ фæндыр, йæ къæсхуыр армытъæпæнæй йæ адау. дта, лыстæг æм æркаст, йæ тæнæг былты æхсæн æй æрæлхъывта æмæ самыдта цыдæр фæлмæн зарæджы хъæлæс. Цæгъды, йæ тæбын уачъи дыууæрдæм разил-базил кæны. Куы цы- быр къахдзæфтæ акæны, куы та иуран сагъдау нындзыг вæййы. Ахæм рæстæджы йæ къæхтæ радгай фелвас-фелвас сисы, цыма йын сигæ кæ- нынц, уыйау. Иæ цæстытæ стæм хатт йеддæмæ нал æртъæбæртт кæны. Гансæн йе ’ппæт габæзтæ дæр даргъ сты, фæлæ йæ цæстыхаутæ та цы- быр æмæ тæвæг, кæрæдзимæ лæууынц дæрддзæф, рæгъ-рæгъы. Мæнæ Гарпинæ, дыууæ бедрайы йæ фæйнæ къухы, афтæмæй донмæ æрбацæуы. Цъайы цур сæ æрæвæрдта. А-ныр къæрта бынмæ ауадзæн хъæдмæ бавнала, афтæ йæм Ганс бауад. Иæ фæндыр йæ дзыппы авæрд- та æмæ, немыцаг ныхасмæ уырыссаг, украинаг дзырдтæ хæццæ кæнгæ- йæ, дзуры: — Бабкæ, æри æз дын сисон дон. Дæуæн зын у, — уайтагъд къæр- та йедзагæй сласта. Ведраты сæрмæ йæ байвæзта æмæ сæ æрыдзаг кодта. Ус сæм æрæвнæлдта, фæдæ та салдат фæраздæр, систа сæ æмæ хæдзарырдæм араст. «0, æгас хæдзар ссарай æмæ дæ мад дæ хурæй бафсæда, кæд куыд зæрдæхæлар дæ. Уæдæ ды дæр немыцаг куы дæ! Уе ’ннæтæ цæмæн аф- тæ бирæгътæ сты?» — цæуы йæ фæстæ зæронд ус æмæ йæхимидæг хъуы. ды кæны. Ацы салдат лæггад кæнынмæ у тынг æнæзивæг. Р^æ хистæр уым куы нæ вæййы, уæд фæнды зæронд ус рацæуæд донмæ, фæнды Ами- нæт. Мæнæ ныртæккæ куыд у, афтæ сын дон сисы, сæ ведратæ сын аси- 10
ныл схæссы суанг сæ къæсæры онг. Науæд сæ, зæгъгæ, суг сæтгæ ауыд- та, уæд уайтагъд сæ цуры февзæры, фæрæт сын сæ къухæй райсы æмæ сын сæ сугтæ бæстон ныссæтты. Уыимæ алцы дæр аразы хъæлдзæгæй, мидбылхудгæйæ. Бирæхæт- тыты йæ фæндыр Аминæтмæ дæр ратты. Чызг дзы самоны Катюшæйы зарæджы хъæлæс. Ацы зарæг Гансæн дæр тынг йæ зæрдæмæ цæуы, сахуыр æй кодта. Фæндыр йæ былтæй райсы æмæ йæ зарын райдайы. Гъе, фæлæ мæнæ ныртæккæ Гелман æд ведратæ асиныл куыд фæ- хæрд кодта, афтæ йæ хъусты, хъамайы рæхуыстау, фæсагъд Шулцы сæртæг фæхъæр: — Ганс! Ферфлюхтер! Ком ир, шнель! (Ганс- Æлгьыст фæуай! Тагъд ардæм рауай!) Салдаты цыма ведраты æрдтæлы æфсæн хæцæнтæ судзгæ бакод- той, уыйау сæ асины схизæныл æрæппарæгау кодта. Сæ дон фæцæл- лахъхъ ласта сæ былтæй. Базгъордта, йæ хистæры раз, топпы фатау, æмраст алæууыд: — Герр обер-лейт... æххæст дзурын нал бафæрæзта, афтæ йын афи- цер йе ’хсæрфарс ныззæлланг ласта: — Ферфлюхтер! Ды фюреры салдат дæ, æви не знæгты дондзау?! — йæхæдæг урс къухмæрзæн систа йæ дзыппæй. Салдаты цы къухæй ныххафта, уый дзы цалдæр хатты адаудта æмæ йæ фæрсæрдæм бап- пæрста. Стæй асинтыл фæхæрд кодта, йæ цырыхъхъыты цæфхæдтæй гуыпп-гуыппгæнгæ. Гарпинæйы балкъоны фаллаг кæрон йæ доны ведратимæ архай- гæ ауыдта æмæ йæм тызмæг бадзырдта: — Зæронд кæлдым! Тæккæ изæрмæ дæлæ бынмæ, сарамæ, ныхъ- хъуытты ут дæ къуылых лæппынимæ æмæ уым джиут. Ацы уатмæ уæ къах дæр куыннæуал бавæрат! Бамбæрстай?! — æмæ йæ фатеры дуар бакодта. Ус æм сæргуыбырæй хъуыста, стæй уый мидæмæ, йæ уатмæ куы фæцæйхызт, уæд ныллæг, лæгъстæгæнæг хъæлæсыуагæй загъта: — Зараз, зараз, герр афицер. — Фæлæ йæ уый нал фехъуыста. Ганс сæм йæ хъус дардта. Æхсызгон ын уыдис, зæронд усы Шулц йæ цырыхъхъы фындзæй кæй не сриуыгъта, уый. Немыцаг афицертæн сæ фылдæр славянтæм армæй стæм хатт æвнæлдтой. Гæрах сæ куынæ фæкæнынц, уæд та сæ хъуамæ исты цæвæнгарзæй нæмой. Гъе, фæлæ ехс кæнæ æндæр исты сæ къухы куынæ фæвæййы, уæд цæвынц сæ цы- рыхъхъы бырынкъæй, фæнды нæлгоймаг уÆд, фæнды сылгоймаг, гъе, сывæллон. Ганс рæстæгæй-рæстæгмæ йæ арм æрхæссы, Шулц ын цы рус ныз- зæлланг ласта, ууыл. Уынгæ йæ нæ кæны, фæлæ йæм афтæ кæсы, цы- ма йын уыцы рус адæнгæл æмæ йе ’ннæ æхсæрфарс дæр æрсæрфы, цæ- мæй сæ кæрæдзийыл абара. V Тыхгæнджытæ Украинæмæ куы æрбабырстой, уæдæй нырмæ ма адæмæй ам, хъæуты, чи баззад, уыдон, архайынц, цæмæй уынгтæм ма цæуой, фашистты цæстуынон ма уой. Куыддæр æрталынгмилтæ вæй- йы, афтæ уынгты иунæг змæлæг нал вæййы, рухсы цъыртт никуыцæй- уал фæкæлы. Нал куыдзы рæйын, нал уасæджы уасын. Кæд ма искуы- цæй, æбæрæг ранæй, хотыхты хъæр анæры кæнæ немыцаг сæртæг ны- хас, уый йеддæмæ бæстæ у ингæнау æгуыппæг, талынг. Мæнæ ныртæккæ Гарпинæйы хъæу дæр у ахæм æгомыг, сау талынг. Иунæг сыбыртт никуыцæй хъуысы. Ацы бинонты сæ уæллаг уатæй бын- мæ, сарамæ, куы æрсырдта Шулц, уæдæй нырмæ куыддæр фæталынг- милтæ вæййы, афтæ, ахст цъиутау, сæ хуыссæнты нынныгъуылынц мад 11
æмæ чызг. Се’хсæвæр вæййы æнæсæкæр цай. Арæх сфыцынц, кæмдæр ма сын ныккæнды цы картофы муртæ баззад, уыдонæй фæйнæ дыууæйы æд цъар. Уæвгæ, ныр сæрд у æмæ сæм цыдæр хæрынæнбæзгæ кæрдæ- джытæ дæр æрбафты. О, фæлæ хуыссæг кæй цæстыл хæцы?! Аминæт, цæхæрадонырдæм сæ сарайæ цы фæрссаг ис, уым слæууы æмæ æддæмæ къулбæрзæйæ кæсы æнæхъæн сахатгæйттæ. Ныр дæр æхсæвæй бирæ рацыд, фæлæ та чызг уæддæр фæрссагыл баныхæсæгау. Кæм сты афонмæ йæ фыд æмæ йæ мад? Æви æгас дæр кæд нал сты? Цы уыдзæн дарддæр? Хæст ма нырæйфæстæмæ цы дудгæ- бæттæ æрхæсдзæн?.. Ацы абырджытæ Украинæйы кæдмæ уыдзысты?. Æмæ цынæ фарстытæ, судзгæ сагъæстæ æвзæры æрыгон чызджы цард- бæллон зæрдæйы... «Ехх, не стыр фæлварæн рæстæг æрцыд. Хæст у хæст, чысылæй фæстæмæ кæй хъуыстам, уыцы æвирхъау фашистты ныхмæ мæлæтдзаг хæст...» Уæртæ се стыр саджил бæлас. Сармадзаны нæмыг ын йæ къалиу æрцъæл кодта æмæ æрзæбул, фæлæ уæддæр йæ адджын балтæ ныри- дæгæн фæсырхбын сты. Æвæццæгæн, къуырийы фæстæ рæгъæд уыдзы- сты. Æниу ма йæ чи тоны, кæй æндавы?... Гарпинæ дзы, иннæ азтау, варенитæ куынæуал араздзæн. Уæвгæ йæ æрцæуæг зыд бирæгътæ ацъа- цъа кæндзысты. — Мæ цæсты рухс, Ами, схуысс, кæдмæ уым ауыгъдæй лæудзынæ, баулæф, — дзуры йæм йæ нана, сынтæгыл хуысгæйæ, стæй йе ’ннæ фарсыл æрзылд. Аминæт ын исдугмæ ницы дзуапп радта, стæй йæм æрбацыд, йæ дæлфæдтæм æрбадт æм,æ йæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: — Нана,' абон уыцы стыр уæзласæн машинæты æфтауцдонмæ цы ’рбаластой, цы? Ды сæм æввахс куы уыдтæ, цъайгæрон? — зæронд ус уæлгоммæ сзылд æмæ йæ мæллæг лыстæг цонг хъæццулы бынæй сла- ста, йæ къæсхуыр армæй йæ чызджы къух æрбалхъывта: — Æмæ дзы цы федтон, цы, мæ хур? Машинæтæ иууылд|'æр тар кæттагæй æмбæрзт уыдысты. Æрмæст Шулц Г^лманы фæдзæхста, зæгъ- гæ, цырддзастæй дæ хъус дар æфтауцдонмæ дæр. Ноджы ма, дам, æм æрбаласдзысты бирæ цыдæртæ. Раст уыцы уысм фæрссаг чидæр цадæггай æрбахоста. Аминæт æв- аст фесхъиудта, зæронд ус йæ хуыссæны фæбадæг. Æдзынæг айхъуыс- той. Ногæй та чысыл тынгдæр æрбакъуырцц-къуырццчындæуыд. Чызг фестад æмæ фæрссаггæронмæ бауад. Къулыл ныхæстæй ауыд- та Минкойы бур пыхцыл сæрыхъуынтæ. Базыдта йæ, фæлæ йæ уæддæр ныллæг хъæлæсæй афарста: — Чи дæ, цы дæ хъæуы ацы æнафоны? — Æз Днипро дæн. Дуар бакæн, — æмæ ныллæгдæр æрныгъуылд, стæй къулгæрæтты кæртырдæм гуыбыр-гуыбыр фæраст. Чызг цæрдæг фæзылд, йæ сау кæлмæрзæны кæрæттæ йæ хъазхъуы- рыл æнгомдæр балхъывта æмæ дуарæрдæм фæцæуæг. — Цы хабар у? Чи у? — йæ сынтæгæй рахызт Гарпинæ æмæ йæ дарæс кæны. — Нæхион у, — дзуапп радта Аминæт æмæ дуары ричъи æрзылд- та, йæхæдæг иуæрдæм алæууыд. Минко цæгъдæджы мидæг фæци. Уе ’хсæв хорз, зæгъгæ, фæ- кодта æмæ даргъ бандоныл кæронæрдыгæй æрбадт, цæмæй йыл фæрс- сагæй мæйы тын ма ныдзæва. Иæ бæзджын бур боцъо йæ галиу армæй æрсæрфта æмæ фысымты, гæзæмæ мидбылхудгæ, афарста: — Уæ цæрæг куыдтæ у? Кæд уæ нæ тыхсын кæны? — хингаст сæм кæны. Аминæт ын дзуапп нæ радта, афтæмæй йæ йæхæдæг фæрсы: — Нæ, фæлæ ды кæцæй базыдтай, мах ардæм, сарамæ, æрсырд- той, уый? 12
— Батко мын æй загъта, ардæм куы цыдтæн уæд. Кæцы фæрсса- гæй уæм бахойон, уый дæр мын бацамыдта. — О, æмæ чи у, чи, уыцы Батко? Ие уоны кæсы, кæцæй базоны хабæрттæ? — афарста чызг. — Батко у Батко, æндæр ничи, — бахудти Минко, йæ бынатæй сы- стад. — Æмæ йæ уæ Баткойæн та чи загъта, мах сарамæ æрлыгъды- стæм, уый? — афарста ус. — Баткойæн? Дуртæ, хъæдтæ, дымгæ, мæргътæ. Алкæй æвзаг дæр æмбары. Гъе, фæлæ мæ, Гарпинæ, Батко рарвыста дæумæ. Ныр, дам, дыккаг бон немыц, уæ хъæуы цы æфтауцдон ис, уырдæм уæзласæн машинæтыл калынц бирæ цыдæртæ. Базон, дам, хъæумæ цы ’рбала- стой, æмæ æфтæуцдонæн цал хъахъхъæнæджы ис, кæмыты фæлæууынц? Ацы хæс хъуамæ сæххæст кæнат ды æмæ дæ чызг. Ноджы ма мæнæ, — йæ хæдоны тары йæ къух батъыста лæппу æмæ дзы иу хъæбæртыхт гæххæтты тыхтон сласта. Лыстæг æм æркаст, хæдзары къуымты йæ цæст ахаста, стæй ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Адон сты листовкæтæ. Тæккæ сомæхсæв сæ ныппырх кæнын хъæ- уы фæндæгтыл æмæ хъæууынгты. Батко уый дæр хæс кæны сымахæн. — Æмæ сæ цы фыст ис? — æдзынæг æм бакаст Аминæт. — Цы фыст сæ ис? Бакæсут сæ. Фыст сæ ис, зæгъгæ, сусæгæй-æр- гомæй, æппæтамæлттæй æгъатыр тох хъæуы фашистты ныхмæ, афтæ, æмæ сын æрæнцой куыннæ уа, сæ быны зæхх куыд судза. Нæ адæмы зæрдæйы хъуамæ нæ фидæны уæлахизы ныфс цырынæй-цырындæр кæ- на, — Æмæ алцы махæн цæмæн хæс кæны, æндæр дзы ничи ис? — аф- арста Гарпинæ. — Æмæ дзы чи ис? Старостæ Саенко? Æниу, дам, уый дæр цыма æвзæр лæг нæу. — О, нæу? Ибон нанайы ехсæй уымæн ныцъцъыкк ласта! — фæ- тъæнг ласта Аминæт. Æгæр хъæрæй дзырд ын фæцис æмæ йæ дзых йæ армæй амбæрзта. — Стæй ма, мамо, ах<æм ^тыр æууæнк дæумæ уымæн хауы, æмæ дæ чызг, дæ фырт, де сиахс Сырх Æфсады сты, фронты. Уыимæ, куы бахъæуа, уæд не знæгты æвзаг дæр ды хорз зоныс. Уыдон мæ хъуыды- тæ не сты, Батко нымайы афтæ, — фæци йæ ныхас Минко ремæ фæрс- сагæй ахъахъхъæдта. Фæстæмæ та разылд, йæ дзырдтæм ма бафтыд- та: — Батко мын тынг бафæдзæхста, алцыдæр, дам, арæхстгай ара- зут. Æз та рæхджы иуацафон ам уыдзынæн. Уæдмæ хъуамæ алцыдæр бæлвырдгоцд аерцæуа, — хæрзæхсæв, зæгъгæ, фæкодта лæппу æмæ дуарæрдæм фæраст. йæ фæдыл рахызт Аминæт æмæ йын афтæ: — Нæ, фæлæ мæн æмæ нанайы дæр демæ акæн, ды кæм вæййыс, уырдæм. — Æмæ æз кæм вæййын? — хинæйдзаг каст æм бакодта Минко. — Æмæ гъа? Уæдæ дæу Батко кæцæй рарвыста? — Батко загъта, зæгъгæ, сымах хъуамæ цæрат ам. Иумиаг хъуыд- дагæн афтæ хуыздæр-у. Нырæй фæстæмæ ноджы тынгдæр хъæудзыс- тут, — балхынцъ кодта йæ ныхас. Ацы хабар дæ нанайæн дæр бамба- рын кæн, — стæй æвиппайды чызджы йæ гæбазæй къулпæронмæ æр- баскъæфта: — Æрныгъуыл, науæд нæ фендзæн, ацы хъунцъ салдат. — Нæ, ма тæрс, куы нæ фена, уæддæр ницы зæгъдзæни. Иæ хи- цау ам куынæ вæййы, уæд йæ былон фæндырæй куы уый фæцæгъды, куы — æз. — Æмæ дæ хуызæн къуылых, гуыбыр чызгмæ йæ сæр куыд дары? — Гелманмæ йæ цæсты зулæй акæсгæйæ, сдзырдта Минко. — Куыд зæгъы, афтæмæй хуымæтæг кусæг дæджы фырт у. Иæ 13
фыд цыдæр политикæйы тыххæй ахст у. Æниу мын нана афтæ, æгæр, дам, ыл ма ’ууæнд. Афтæмæй йын йæхæдæг та галушкæтæ фæдæтты... — Раст дын зæгъы дæ нана. Дæхи дзы хибардæр дар. — Мæн, дам, фронтмæ дæр мæ фыды тыххæй нæ кæнынц, нæ, дам, мыл æууæндынц. Гелман сæм ныры онг æввахс лæууыд æмæ боны хуызæн мæйрух- сы дард кæдæмдæр фæлгæсыд. Ныр фæстæмæ азылд, фæцæуы цыбыр къахдзæфтæй. йæ аууон дæр йæ фæрсты йе ’мдзу кæны. Чызг æмæ лæппу сæ бынæттæй фæпæррæст ластой æмæ сарайы къулгæрæтты бæласдонмæ базгъордтой. — Хорз!- Æрæджы мын кæны. Æз згъорон, — сдзырдта Минко, стæй, иу хаттау, чызджы сæр йæхирдæм фæзылдта æмæ йын тæвд пъа ныккодта. Уый йæхи ратыдта, асхуыста йæ: — Æдзæсгом! Партизаны дæр ма пъатæ кæнын фендавы?! Æз ма та демæ, хъæдмæ цæуинаг уыдтæн, — тызмæгæй нæ, фæлæ цахæмдæр æндæр хъæлæсыуагæй загъта Аминæт. — Æмæ партизанæн уарзыны бар нæй?! — фæхудтис лæппу æмæ цæстыфæныкъуылдмæ бæласдоны æмбонды сæрты асæррæтт ласта. Чызг йæ тæнæг былтæ йе ’нгуылдзтæй адаудта æмæ иу-дзæвгар йæ фæдыл кæсгæйæ баззадис. VI Мæт æиæ сагъæсты бахауд Гарпинæ. Рафт-бафт кæны йæ сынтæ- джы. Минко сыл цы бæрнон хæстæ ныббаста, уыдон æй æнцой нал уа- дзынц, йæ зæрдæйы ныххаудтой. Куыд хъуамæ базона, уыцы æфтауц- доны знаг цы фыдбылызтæ, цы диссæгтæ бафснайдта?.. Æхсæвæй, бо- нæй гæрзнфтонг хъахъхъæнæг йæ алыварс, цъилау, куы зилы. Уæле- йæ, бæстыхайы цармæ куы баирвæзтæуаид,^ уæд æм бæргæ æнцон нык- кæсæн у, фæлæ куыд, ’цы амалæй? «Дысон Аминæты Минкоимæ барвитын хъуыдис. Бæстыхай даргъ у æмæ йæ ну кæронæй, чизоны, сирвæзтаиккой. Фæлæ ма ныр цы?! Уы- мæй дæр, дам, æй дыууæ бонмæ Сазонын хъæуы — йæ мид-зæрдæйы æр- диаг кæны ус — науæд ацы æнæхаиры листовкæтæн цы ми бачындæ- уа? Уыдон, æвæццæгæн, Аминæтæн бахæс кæнын хъæуы. Уæд та ста- ростæмæ бацæуон. Кæд мын уый исты бацамонид... Фæлæ уый дæр чи у, чи? Мах æви уыдоны? Иубон мыл Шулцы цур йæ ехс бæргæ бын- тон рогæй æруагъта, фæлæ хæйрæг базонæд... Адæймаг йæхиуыл дæр _ нал æууæнды»... Гарпинæ сфæнд кæны Гелманы исты амалæй бафæрсын. Уый дæр кæд тыхгæнджытæй у, уæддæр æм зæронд ус дзæбæх зæрдæ дары, уы- мæн æмæ сæм салдат йæхæдæр дæр цыдæр хъарм ахаст æвдисы ма- дæй, чызгæй. Йæ адджинæгты хæйттæ дæр бирæ хатт Аминæтæн фæ- дæтты. Фæлæ йыл уæддæр кæронмæ баууæндæн ис? Кæд барæй йæхи афтæ дары? — хъуыды кæны Гарпинæ. Арвы ’кæрæттæ цъæх райдыдтой, афтæ ус йæ сынтæгæй рахызт æгъуыссæг, фæлмæцыдæй. Сабыргай йæ чызджы хуыссæны размæ ба- цыд. Ныллæг æм ныккаст. Уый йæ армытъæпæн йæ къæсхуыр уадулы бын бакодта æмæ адджын фынæй кæны. «Дæ сæрылхаст фæуон, кæд дæм ахæм æрыгонæй ацы зындон кæцæй кастис? Цæмæй зоны, дард- дæр ма цытæ бавзардзыстæм?. Нæ, нæ! Минко ма нæм куы фæзына, уæд йемæ афардæг уæм мах дæр, цалынмæ бынтон фыдбылызы нæ ба- хаудтам, уæдмæ. Уым Баткойы адæм цы аразой, мах дæр — уый... Цæй, ныр куыд сæххæст кæнæм нæ хæстæ?» — Дуармæ рахызт. Раст уыцы уысм хæдзары фиссынæй æрбазынд старостæ Саенко, йæ ехс та — йæ къухы. Ус фæджихау. «Ацы раджы кæм уыдис? Хæрз- æгæн фæзынд æви фыдбонæн?» Æрбацæуæг хъахъхъæнæгмæ иу цæстæнгас баппæрста. Уый йæм лæууыд чъылдымздæхтæй. Гъе, æмæ уæд лæг фысымы фæрсты фæсенк 14
ласта, хæдзары смидæг. Ус дæр йæ фæдыл фæраст. Даргъ бандоныл æрбадтысты сæ дыууæ дæр. Исдугмæ ницы дзурынц, стæй цæм Саен- ко æдзынæг бакаст: — Уæ хæстæ куыд сæххæст кæнынмæ хъавут? — Цæй хæстæ? — афарста йæ ус дисгæнæгау. — Минко уын кæй загъта, уыдон, — хинæйдзаг мидбылты фæхудт старостæ. — Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй? — сыстадис ус æмæ уазæгмæ цæх- гæр бакаст. Саенко дæр слæууыд: — Цы, уый зоныс? Ам гæды æмæ мыстæй нæ хъазæм. Æви дæхи мæнæй патриотдæр æнхъæлыс? Гъм! Æнæууæнчытæ мыл кæны! — йæ сæр банкъуыста, — æз та сын баххуыс кæнынмæ хъавын. — Цæмæй, куыд?,— ус фæстæмæ йæ бынаты æрбадтис, йæ ныха- сыуаг фæфæлмæндæр. — Ды уæддæр немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг уыдтæ, нæ? — О, фæлæ уый ам цы давы? — Знон, поездæй машинæтæ æрмæг ласын куы райдыдтой, уæд иу хистæр афицер дæ уазæг Шулцмæ лæвæрдта иу-цыдæр гæххæтт. Æр- касти-иу æм, стæй та-иу ын йæ къухæй ацамыдта куы иу вагонмæ, куы иннæмæ. Шулц йæ сæр разыйы тылд кодта. Уый фæстæ гæххæтт райс- та æмæ йæ планшеты нывæрдта. ; — Æмæ уымæй цы зæгъинаг дæ? — афарста ус. — Цы, уый зоныс? Ды хъуамæ уыцы гæххæтт исты амалæй бакæ- сай. — Нæ, фæлæ кæд вагæттæ дæ цуры æвдæлон кодтой, уæд сæ ды куыннæ федтай, цы сæ уыд, машинæтæм цы калдтой, уый. — Æй, дæ бонæй уай! Машинæ-иу фæстæрдæм хæрз æнгом ба- скъæрдтой вагонмæ, афтæмæй сæ йедзаг кодтой. Æппындæр сæ æддæ- мæ ницы зынд. Ацу æм(æ сæ базон? — загъта Саенко æмæ дуарæрдæм рараст. Чысыл ма фæлæууыд æмæ фæлмæн хъæлæсыуагæй афтæ ба- кодта: — Листовкæты тыххæй æз гАмийæи йæхиимæ аныхас кæндзынæн. Ме ’ххуыс уæ истæмæн куы хъæуа, уæд-иу мæм фæзын, — стæй Ами- нæты сынтæгмæ фæкомкоммæ. Иæ мидбылты фæхудт. — Хуыцауыстæн, ацы чызгæй ахæм артисткæ рауаид, ахæм æмæ... Знон æй уынджы рацæйцæугæ федтон, чиугæ-чиугæ. Æз йæ фæстæ кæс- гæйæ баззадтæн. Уый мæм аивæй йæ къухæй бартхъирæн кодта... — фæ- ци йæ ныхас Саенко æмæ дуарæй рахызт. Гарпинæ йæ фæдыл нæ рацыд. Йæ мидбынат сагъдауæй баззад. Хæдзары къуымы иу ранмæ ныдздзынæг, цыма йæ бæрны зын хæс сæх- хæст кæныны амал’ уырдыгæй искуыцæй зындис... Уæвгæ, листовкæтæ уым æмбæхст уыдысты. Æвиппайды фестъæлфæгау кодта: «Мæ фыдбону уазæджы уат æфснаинаг куы у.» Куыддæр дуарæй рахызт, афтæ Шулц кæрты астæу лæууыд. Алы райсомау, ныр дæр йæ уæлæ ис йе спортивон донгъуыз дарæс. Æнгом бады йæ къæсхуыртæ, фæлæ аив уæнгтыл. Иæ æрдæг- дымд тамако йе ’рттиваг æрцъыккæхсонæй ссыгъта, сдымдта йæ æмæ усмæ бадзырдта: — Ду фил шлауфен, Гарпина, (Гарпинæ, ды бирæ фынæй кæ- ныс!), — йæ дзæбæх зæрдыл куы вæййы, уæд æй йæ номæй фæхоны, на- уæд та — бабка. Ус ын йæ сæр фæкъулæй дæ райсом хорз загъта æмæ аснныл уæ- лæмæ фæраст. Уатмæ бахызт. Шулцы сынтæджы дæлфæдтæй цъæх гар- шок систа æмæ йæ арæхстгай рахаста. Асинтыл фæуырдыг. Афицер æм цæугæ-цæуын фæкомкоммæ: Шнел, шнел! — йæхæдæг та, гæпптæппгæнгæ, фезгъоры. Ахæм æгъдау æм уыдис, æмæ æхсæв йæхи хъуыдыйы сæраппонд къæсæрæй 15
нæ рахызтаид. Уымæ гæсгæ йын алырайсом хæссын хъуыд йæ гаршок. Иæ уат алыбон дæр йедзаг уыд бæгæныйы æвгтæй. Ус уайтагъд фæстæмæ фæзылд. Сæрфы фатер уымæл хæцъилæй. йæ цæсты зул хæссы уаты къуымты. Уæртæ стъолыл, Саенко йын цы планшеты кой кодта, уый. Йæ астæу сраст, бауад æмæ йæм лыстæг æр- каст. Фелвæста йæ, байгом (æй кодта. Мæнæ нарæггомау даргъ гæххæтт. тыл рæсугъд фыстæй номхыгъд: 200 автоматы, 500 минæйы, 1000 гранаты... æмæ афтæ алыгъуызон хæцæнгæрзты ранымад. Гарпинæ йæ къандзолы тары дзыппæй фелвасынмæ хъавыд къран- дас, фæлæ.йæ ныфс нæ бахаста, тарст Шулцæй. Кæртмæ ма фæрссагæй иу каст фæкодта. Шулц нырма йæ уæнгтæ ивазы куы иуæрдæм, куы иннæрдæм. Гарпинæ ма гæххæттыл ноджыдæр иу хатт лæмбынæг йæ цæст æрхаста æмæ йæ ф’æстæмæ планшеты нывæрдта. Æниу, ус ца- лынмæ æфснайд фæвæййы, уæдмæ уый йæ уатмæ не схизы, фæлæ уæд- дæр йæ зæрдæ тыррыкк-тыррыкк кодта, уæд та мæ æрбаййæфта, зæгъ- гæ... Цæрдæг февнæлдта уат æфснайынмæ. Иæ хид йæ къуызыр фын- дзы хъæлæй цъыкк-цъыкк кæны. Дуарæй федде. Иæ кусæнгæрзтæ та балкъоны къуымы авæрдта æмæ асинтыл чызг-усы уад æркодта. Обер- лейтенант уыцы уысм хъахъхъæнæг салдат Гелманимæ цыдæртæ дзырд- та æмæ усмæ^йæ хъус нал фæдардта. Бæстае уыд сабыр, мæрдвынæйы хуызæн. Раздæр-иу ахæм сæр- дыгон райсом ацы хъæу райхъал адæмæй, маргъæй, хъæдæй, дурæй. Ныр адæм нал сты, гъа! Чи ма дзы ис, уыдон дæр сæ хæдзæртты къуымтæй æддæмæ нæ хизынц, фæлæ мæргътæ та цы фесты, мæргъ- тæ?! Науæд куыстуарзаг мыдыбындзытæ? Сæ бæзджын гуыз-гуызæй-иу уынгтæ семыдзаг куы уыдысты... Ехх, сæфт æмæ стъæлды бонтæ æн- дæр ницы..: Цы уыдзæн дарддæр, цы?.. VII Фæсахсæвæртæ. Аминæт йæ къабайы тары бавæрдта листовкæты тыхтон: — Хæрзæхсæв. — загъта йæ нанайæн æмæ дуарæй рахызт. Гарпи- нæйы дин никуы уырныдта, фæлæ ныр йæ чызг ацы тасы фæндагыл куы раст кæны, уæд æй хуыцау æмæ зæдтыл бафæдзæхста, йæ ныхæн ын апъа кодта, стæй йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыг асæрфта. Ус йæхæдæг хъуамæ ахастаид листовкæтæ, фæлæ йын Аминæт нæ бакоммæ каст. Дæуæн, дам, Батко цы бахæс кодта, уый сæххæст кæн. Аминæт уынгты цырд-цырд фæуайы. Алы хæдзары раз дæр иу листовкæ аппары æмæ та дарддæр атындзы. Кæсы хъæуы кæронæр- дæм, æмæ уартæ иу ус цъайæ дон исы. Æввахсдæр æм бацыд. Иæхи ныллæг æруагъта æм^æ йæм бæстон бакаст. Уый уыд йæ нанайы æф- сымæры ус. Сæ хæдзары ма æрмæст уый баззад, æндæр ничи. Чызг йæ цуры февзæрд: — Гъа, мæнæ дын адон, листовкæтæ, æмæ сæ уæ сыхы хæдзæрт- ты рæзты апырх кан. Æз дарддæр азилон, — цалдæр сыфы йын йæ къухы фæсагъта, стæй ма йæ ныхасмæ ныллæг хъæлæсæй бафтыдта: — Дæ хъус мæм дар. Куы фæтыхсон, уæд дæумæ æрбалидздзынæн, фæлæ дуар ма сæхгæн. Ус джихæй баззад, ницыуал дзурын бафæрæзта. Иæ къухы листов- кæтæ, афтæмæй та тарстхъæлæсæй сдзырдта: — Что ты робишь, бис? (Цы ми кæныс, хæйрæг? укр.) Чызг уæдмæ æхсæвы тары атадис. Цæуы хæдзарæй-хæдзармæ, тауы йæ гæххæттытæ. Немыцы постытæ кæмыты сты, уыдон хорз зо- ны, æмæ дæрдты азилы. Хъæуы кæронмæ ахæццæ. Иæ тары йæ гæх. 16
хæттытæ æрысгæрста. Бирæ дзы нал ис. Хъуамæ сæ районмæцæуæн фæндагыл байтауа. Ныххæццæ фæтæн сосæмæ. Куыддæр дзы дыууæ сыфы аппæрста, афтæ рахисæрдыгæй йæ хъустыл ауад сæртæг фæхъæр: — Халт! Аминæт фæстæмæ фæзылд æмæ лыгъд радта. Анæрыд автоматы къæр-къæр. Нæмгуытæ йæ алывæрсты, цыгъгъуыттытæгæнгæ, атах- тысты. Цыдæр ын йæ зæнг асудзæгау кодта, фæлæ йæ ницæмæ æр- дардта. Æхстфатау, хъæуæрдæм тæхы. Цы гæххæтты сыфтæ ма йæм уыд, уыдон иуæрдæм фехста. Ногæй та — автоматы къæр-къæр. Чызг исдугмæ дæлгоммæ ахуыссыд, стæй фестад æмæ лидзгæ! Бахæццæ хъæумæ. Æрдæбоны усы хæдзары цæгъдæджы мидæг сси: — Æрбасурынц мæ. Искуы мæ амбæхс, тагъд! Ус ын йæ цонгыл фæхæцыд: — Мæ фæдыл! Цъайы цурмæ бахæццæ сты. Фысым ын стыр донисæн къæртамæ ацамыдта: — Ныххиз æм, цырд! Уый дзы уайтагъд æрныгъуылд. Ус æй цъаймæ ауагъта. Æрдæджы онг ныххæццæ уыдаид, афтæ къæртайы бос уæлийæ фæфидар кодта. Йæхæдæг сæ хæдзары смидæг. Йæ дарæс тагъд-тагъд фелвæста æмæ йæ сынтæджы, хъæццулы бын абырыд. Цалдæр минуты фæстæ дуар тынг ныххостæуыд. Ус фестад аф- тид мидæггæгты. Дуар бакодта. Хæдзары смидæг сты дыууæ салдаты, сæ къухты дзыппы фанартæ судзынц, афтæмæй. Къуымты разылдысты, кæсынц, сгарынц. Сæ иу сынтæджы мидæг хъæццулы бын йæ къух фæ- тъыста. Иннæ йæ фæрсы: — Хъарм у? — О! — дзуапп радта уый. Фæстæмæ фездæхтысты. Сыхбæстæй хъуысы хъæлæба, сывæллæт- ты тарст цъæхахст, немыцаг дæрзæг, цæхгæр ныхас, дард кæцæйдæр — топпы хъæртæ. Куыдфæстагмæ æппæт дæр æрсабыр. Хъæубæстæ та уæлмæрдау ныггсмыг. Аминæты йæ фысым цъайæ фæстæмæ сласта. Къæртайæ, гæртт-гæрттгæнгæ, рахызт. Ус æй уайтагъд хæдзармæ баскъæфта: — Цалынмæ дын цай фыцон, уæдмæ уал уæртæ мæ хуыссæны хъæц- цулы бын абыр. Нырма хъарм у. Немыцæгтæ йæ федтой, — æмæ гæзæ- мæ йæ мидбылты бахудт. Йæ рахис дзабыр ын куы раласта, уæд фе- стъæлфæгау кодта: — Туг! — О, мæ къах чысыл фæцъæррæмыхст. Уымæн ницы у. VIII Æфтауцдоны хæдзары къулгæрон, зæххыл, нынныхæстысты старос- тæ Саенко æмæ Минко Степан. Æнхъæлмæ кæсынц, мæйрухс кæд азил_ дзæни бæстыхайы фарсæй æддæдæр, цæмæй хъахъхъæнæгмæ æнцондæр бацæуæн уа, фæлæ аууон хæрз цадæггай фæтæндæр кæны æмæ фадат нæма ис. • ’ - ^4™ Ацы дыууæ æмбалы ма æндæрæхсæв дæр фæлвæрдтой æфтауц- донмæ баирвæзыныл. Гъе, фæлæ хъахъхъæнæг цырддзæстæй зылдис бæстыхайы алварс. Уымæй дæр къулмæ æввæхсты нæ цыд, тырныдта дæрддзæфты зилыныл. Саенкоитæн ницы сæ бон бацис, сæ хæс не сæххæст. Бон нæма æрбацъæх, афтæ сæ хабар хистæртæн фехъусын кодтой. Сæ дыууæ дæр азымджын, хъыгзæрдæйæ кастысты. Батко хъуыддаг куы базыдта, уæд тар хъæды астæу йæ цатыры иу 2 Журнал «Фидиуæг> № 1 .17
къуымы æлхынцъæрфыгæй слæууыд æмæ сагъæсты аныгъуылд, стæй та дыууæрдæм рацу-бацуйыл фæци, йæ даргънуæс русыл йæ армытъæ- пæн æруадзы, куы та йæ урсхæццæ къæмисæн æрсæрфы. Цы-фæнды рæстæджы дæр, иннæ партизанты хъауджыдæр, уый вæййы булкъдаст, худæндзаст. Иæ дарæс ыл фидауы иттæг рæсугъд. Ие стыр фæтæн бо- цъо сæрыстырæй зыны. Чизоны йæ Батко дæр уый тыххæй хойынц. Цæвиттон, Гарпинæйы фырт лейтенант Александры ротæ хæсты райдианы æрхъулайы бахауд. Немыц сæм æввахсæй-æввахсдæр быр- стой. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы хъæбатырæй лæууыдысты сæ ныхмæ, стæй иу æмбисæхсæвты æрхъулайы цæг атоныныл бафæлвæрд- той. Хæйрæг йæ зонæг, ротæйы хæстонтæй ма цал аирвæзт, фæлæ Ал- ександр — Сашæ боныцъæхтыл йæхи æрæмбæрста иу тæрсбæласы бын. Рабадти йæ мидбынат. Иæ хæдоны риуыл туг ныхъхъæбæр. Иæ цæсгомыл йæ арм æрхаста. Иæ галиу русыл дæр — тугвæдтæ. Дард- дæр йæхи æрысгæрстытæ кодта, фæлæ йыл æндæр ницы цæфтæ зынд. Иæ цæстытæ ирвæзтытæ кæнынц, йæ сæр гæзæмæ зилы, æвæццæгæн дзы бирæ туг фæцыд. Цы кæна ныр, чердæм цæуа?.. Араст хъæды хурыскæсæны ’рдæм. Æмбисæхсæвтæм æввахс га- лиуæрдыгæй йæ хъустыл ауад: — Æрлæу! Кæцы дæ, æхсын дæ! Фæкаст, æмæ уæлæ дыууæ æфсæддоны. Базыдта йæ сержанты, йе- мæ иу боцъоджын лæг хъæууон дарæсы. Æртæ дæр баиу сты. Хъæу- уон лæг сæхъæды арфмæ бакодта, партизанты чысыл къордмæ. Уæ- дæй нырмæ сæ къорд байрæзт, сси хæстхъом тых. Бафтыд сæм’ хæцæн- гæрзтæ. Сашæ хорз зоны йæ райгуырæн уæзæджы хъæдтæ æмæ фæз- тæ. Минкойы фæрцьг базыдта, йæ мад Гарпинæ æмæ йæ хæрæфырт Аминæт дæр сæ хæдзары кæй сты, уый. Æниу, Степан йæхæдæг нæ зоны, уыцы бинонтæ кæрæдзийæн цы бавæййынц, уыцы хабар. Ныртæккæ уæртæ йæ бакомкоммæ назбæласы бындзæфхады цур æдзынæг лæууы Минко æмæ æнхъ^елмæ кæсы, цы йын бацамондзæн ацы куырыхон саулагъз, фæтæнуæхск Батко. Иубон ын, Гарпинæ æф- тауцдоны тыххæй цы бæлвырд хъуыддæгтæ базыдта, уыдон æрдзырдта. Минко сæ тетрады сыфыл фæнысан кодта æмæ сæ радта Баткомæ. Уый гæххæтмæ æдзынæг фæкаст, стæй йе тарæй æндæр сыф систа. Дыууæйы кæрæдзимæ æрæмных кодта æмæ лæппуйы ’рдæм азылд: — Иттæг раст сты ацы ног зонæнтæ дæр. Минко йæхи нал баурæдта æмæ йæ, дисгæнгæйæ, афарста: — Батко, æмæ ма дæхимæ ны зонæнтæ ис, уыдон та кæм ссардтай? Батко фæлмæнмидбылты фæхудт, бакъахдзæф æм кодта, йæ бæз- джын боцъомæ йын бавнæлдта: — Лæппу, алцы куы зонай, уæд æгæр тагъд базæронд уыдзынæ. Кæм мын уыдысты, уый дæумæ нæ хауы, фæлæ ныр цæугæ кæн! Старо- стæ Саенкоимæ æфтауцдон спырх кæныныл бæстон ауынаффæ кæнут тæккæ райсоммæ æмæ мын æвæстиатæй фехъусын кæнут, куыд æй сæх- хæст кæнынмæ хъавут, уый. Уыдон ын, æпæгæйдæр, уайтагъд сæ план радзырдтой. Иæ зæрдæ- мæ фæцыд, бар сып радта. Æндæрæбон, сæ фыццаг бафæлвæрд куы фæсыкк, уæд сын Батко бауынаффæ кодта, цæмæй сæ хъуыддаг бакæ- ныны æхсæв базоной знаджы пароль. Уый та кæддæриддæр вæййы гар- низоны хистæр обер-лейтенант Шулцмæ. Ацы"хæс сæххæст кæнын дæр та Гарпинæмæ æрхаудта. Уынгæ- джы фæцис йæ сæр. Уымæй дæр æй хъуамæ базона дыккаг бон. На- уæд æфтауцдоны цы æрмæджытæ æрæмбырд, уыдон знаг фронтмæ куы ’арвита, уæд ма ацу æмæ афтид бæстыхайы спырх кæн. Гарпинæ, уæвгæ, ныр фæлтæрд уыд ацы хæс сæххæст кæныныл, фæлæ йæм уæддæр кастис зын. Иæ хъус дардта æмæ сæурайсомæй йæ фатерыбадæг афицер куыддæр асинтыл æрхызт, афтæ уый дæр бахæц- цæ асины бынмæ, Алыхаттау ьш салам радта, стæй асинтыл схызт. 19
Шулцы уаты æвиппайд смидæг. Уæртæ та стъолыл йæ планшет. Ус ма фæрссагæй иу цырд каст акодта. Афицер кæрты къуымты дыууæ- рдæм разгъор-базгъор систа. Куы дзудздзæг абады, куы згъоргæ акæ- ны. Гарпинæ фæстæмæ фæзылд. Планшет фегом кодта. Цыдæр хъу- лон нывæцы цур чысыл урс гæххæттыл йæ цæст аныдзæвд. Фелвæста йæ, æркаст æм æмæ йæ тæккæ астæу æнцонæвзарæн дамгъæтæй бакаст: «Одер». Гæххæтт фæстæмæ йæ бынаты ныппæрста, планшет, раздæр куыд уыд, афтæ авæрдта æмæ уат æфснайыныл фæцис. Иæ мидхъуыдыйы сагъæсты аныгъуылд: «Нывæц дæр, æвæццæгæн, истæмæн бабæззид, фæлæ йæ сис, уæд фашист базондзæн, æз кæйуыд- тæн, уый æмæ нæ цъыбыртты сыгъд бакæндзæн.» Баткота сын æдзух уый фæфæдзæхсы, зæгъгæ, уыл уæ фатерыбадæг хъуамæ ма фæдызæр- дыг уа. О, æмæ ныр мæнæ Саенкоитæ уыцы пароль зонынц,- афтæмлæй бæстыхайы къулгæрон ныгъуылдæй æнхъæлмæ кæсынц мæйрухсы ацыд- мæ. Аууон кæд бынтон сабыргай ивæзы, уæддæр сæвджынæй-сæвджын- дæр кæны. Олесь салдатмæ мæйрухсы дæр комкоммæ бацæуид, па- роль ын зæгъид, уæлдайдæр ыл немыцаг федфебелы дарæс ис. Ибон ын æй Батко раттын кодта, фæлæ ацы налат тыхгæнджытæ хин æмæ кæлæн сты. Æргом хъахъхъæнджыты йеддæмæ ма сæвæрынц сусæг хъусдарджытæ дæр æмæ фыдбылызтæ сæхиуыл куы æртыхсой, уымæй тас у. Æниу ын пароль куы зæгъой, уæд^ сыл æнцондæрæй баууæнд- дзæн, æвиппайды нæ фезнæт уыдзæн. Хъахъхъæнæг зилы бæстыхайы иу- фисынæй иннæмæ. Куы æрба- хæццæ вæййы кæронмæ, уæд та цæхгæр фæзилы æмæ йæ цыбырхъус, цæфхадджын цырыхъхъытæй, къуп-къуппгæнгæйæ, фæраст вæййы, йæ джебогъ хъама дыууæрдæм фæдзой-фæдзойгæнгæ. Æхсæв у бынтон æгуыппæг. Æрмæст кæцæйдæр стæм хатт рай- хъуысы даргъкъах цъырцъыраджы цъæхснаг уаст. Уæлдæфы куы ам, куы уым стъалыйау, ныццæхæр кæны æрттиваг хъæндил. Бынтон стæм хатт дардæй анæры немыцаг пулеметы бæзджын рæйд. Немыцæгтæ уымæн афтæ кæнынц, æмæ тæрсынц ацы æнæнцой партизанты æрбабырстæй. Ахæм къуыри нæ ацæуы, исты фыдбылыз сын ма’скæной куы кæм, куы кæм... Саенко йæ уæхсчы сæрты ныллæг хъæлæсæй йе ’мбал Минкомæ бадзырдта: — Афон у. Æз цæуын. Æппæт дæр араз, куыд дзырд стæм, афтæ. ч —Иæхæдæг æфтаундоны бæстыхайы фиссынмæ фæраст. Æрлæууыд уым. Иæ зæрдæ йын йæ риувæйнæг тынгæй-тынгдæр хойы, рагæпп кæ- нынмæ хъавы. Иæ фарсыл йæ карды фистон æрæсгæрста. Уæртæ гъе, æрбацæуы салдат. Æрбахæццæ, Саенко цы фиссыныл баныхæст, уыр- дæм. Æдзынæг слæууыд йæ мидбынат. Ирд арвы быдырмæ скаст, стæй фæстæмæ фæзылд. Куыддæр акъахдзæф кодта, афтæ Саенко йæ лæу- уæнæй рахызт, йæ фæдыл фæраст, фæлæ уый цæхгæр фæзылд æмæ тарст хъæлæсæй фæхъæр кодта: — Халт! Кæцы дæ?1 — Хион! — сдзырдта немыцагау Саенко. — Чи хион? ПарольТ — Одер! Посттæ бæрæг кæнын. Салдат уæд йæ автоматы мæнгвæдæгæй йе ’нгуылдз райста. Саенко йæ тæккæ фарсмæ куы бахæццæ, уæд ын æвиппайды йæ даргъ хурхмæ февнæлдта, йæ къах æм фæдардта. Иæ быны йæ æрыс- сæста. Карды сæр дæр æй нал бахъуыд, афтæмæй йæ ныххуыдуг код- та, сыбыртт дæр дзы нал райхъуыст... Иæ амæттаджы автомат йе ’фцæджы афтыдта æмæ, дзырд куыд уыдысты, афтæ, чысыл раздæр лæппу æфтауцдонмæ цы фæрсагыл
багæпп ласта, уый бын февзæрд. Раст уыцы уысм Минко дæр фæстæ- мæ рахæццæ: — Лидзгæ! Фителыл зынг бафтыдтон. Цалдæр уысмы фæстæ бæстыхайы цар арвмæ стахт. Дуне гыбар- гыбур сси. Арты ’взæгтæ, зыдæй стæрынц кæддæры колхозы фермæйы къултæ. Немыцаг хæстонтæ æд хотыхтæ згъорынц, æлгъитынц, схъом- пал сты. Сæ гæрзæфцæг, хæрзхаст куыйтæ, смудгæ-смудгæ, хъыс-хъыс кæнынц, рæйынц, сæхицæутты къухтæй сæхи рæдувынц, сæ комы фынк кæлы. Æрбахæццæ обер-лейтенант Шулц, йæ дамбаца йæ къухы — æр. къæппæввонг. Иу сахаты æмгъуыдмæ хъæуы æппæт цæрджыты зæрондæй, сы- вæллоны онг фашисттæ, тъæппытæ æмæ мыхъхъытæгæнгæ, (æфтауцдо- ны размæ æртардтой. Сæ алыварс топпæргъæвдæй лæууынц салдæт- тæ. Чысыл æддæдæр, йæ ехс йæ къухы, афтæмæй старостæ Саенко. Олесь дæр знæтæй кæсы. Иæ уынгæг цæстытæ, иннæ хæттыты уæлдай, цæхæртæ калынц, фæлæ цæмæн, уый бæрæг нæу: фырмæстæй æви фыр- цинæй? Иæ къутæр æрфгуыты хъуын барц слæууыд. Рæстæгæй-рæстæг- мæ йæ къуызыр фындзы бын йæ бур рихийы бындзыг йæ хистæр æн- гуылдзæй адауы. Чысыл раздæр Минкоимæ судзгæ æфтауцдонæй куы ралыгъды- сты, уæд лæипу уайтагъд бæласдæтты æрбайсæфти. Хъæуæй хибар рæтты хъæдырдæм йæхи аппæрста. Олесь дæр исдугмæ афæнд кодта йе ’мбалы бафæзмын, партизантæм аныкъулын, фæлæ йæ зæрдыл æр- балæууыд Баткойы карз фæдзæхст: «Ды æппынæдзух хъуамæ уай хъæуы, цалынмæ дзы иунæг фа- шист дæр йæ къахыл цæуа, уæдмæ». Фæстæмæ фæзылд. Хъæуы кæрон бæрзонд бæласы ставд цæнгтыл цы дыууæ ауындзæн бæндæны æрзæ- бул, уыдон сæурайсомы уддзæф дыууæрдæм узы. Саенко цалдæр хат- ты лæууыд ам, йæ иубæстæгты ауындзгæйæ, немыцаг лæгмарты фарсмæ. Сæ цæстæнгас-иу сын нæ урæдта æмæ-иу . иннæрдæм азылд судзгæ зæрдæимæ. Цымæ абон та кæмде æнхъæлмæ кæсынц ацы саукалм бæндæнтæ?.. Гъе, æмæ раст цæсты фæныкъуылдмæ сæ хæдзары смидæг. Иæ калмы хæрв феппæрста. Афтæ хуыдтой адæм немыцаг дарæс. Иæхи æрвылбонон дарæс скодта æмæ уый дæр мæнæ фæдисмæ ратындзыдта. Æввахс лæууы обер-лейтенантмæ ницы фенæгау, ницы базонæгау. Иæ ехсæй бавзиды йæ хъæубæсты адæммæ, æртхъирæн сæм кæны, æлгъиты сæ куы украинагау, куы немыцагау. Стæм хатт йæ цæсты зулæй акæсы, ныр дæр ма йæ фæздæг арвы цъæхмæ кæмæн ивыльт, уыцы æфтауцдонмæ. Иæ хъæд, йæ дурты схъистæ, стæй хотыхты цъæл- тæ алырдæм фæтахтысты. Амыты, уымытьт тамакодымæгау кæнынц. Шулц йæ хърихъуппы хуызæн лыстæг, даргъ кьæхтæй, уæрæх къахдзæфтæгæнгæ, дыууæрдæм æнæдзургæйæ, мæсты рацу-бацу кæны. Знæт сырхцæст куыйтæ сæ хицæутты къухтæй сæ гæрзбæндæнтæ ахст адæмы ’рдæм ивазынц, сæ урс арцдæндæгтæ фæзыхъхъып вæййынп, срæйынц. Устытæй кæйдæрты хъæбысты дзидзидай сабитæ кæуьтнц. Зæронд лæгтæ сæ лæдзгуытьт æнцой сæргуьтбьтрæй лæууьшц. Саенко- мæ карз мастæй семьтдзаг чъиу цæстытæ базильтнц. Аминæт йæ нанайы цонгыл ныззæгæл. Ие ’гъуыз дæрдджын кæлмæрзæн йæ сæрыл у æви- дыц тыхтытæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ мидбынат фæчиуæгау кæньт. Уый бæлвырд зыдта æфтауцдон фехалыны хъуыддаг, фæлæ дзы йæхæдæг комкоммæ хайад кæй нæ райста, уьтй йьтн хъьтг V, ныртæккæ. Алчи дæр сæ хъуыды кæны, цьт уьтдзæн, куьтд уыдзæн?.. Се ’ппæты дæр ныццæгъддзысты? Æмæ уæд ам бынаты, æви сæ æндæр ранмæ акæндзысты? Къаннæг сабиты дæр фехсдзысты? Уьтдон та сьтн цьт кæ- ньтнц? Ау, зæххьтл тæригъæд нал ис æви?.. Науæд аиы тугхортæн сæ- хицæн нæй сывæллæттæ, мад æмæ фыдæй гуьтрд не сты?.. Обер-лейтенант йæ рацу-бацуйæ банцад. Ахст адæмыл йæ цæст ахаста, стæй йæ салдæттыл фæтъæлланг ласта; 20
— Рæнхъы сæ слæууын кæнут! Уыдон сыл сырдтау сæхи ныццавтой. — Шнел, шнел! — хъæр кæныц, цæвынц, схойынц сæ автоматты цæгатæй. Æххуыс сын кæны Саенко дæр. Топпы нæмыгау ыл сæмбæ- лынц куы иу ранæй, куы иннæ ранæй: «Уæйгæнæг! Цъаммар! Зæвæттæстæрæг!» Уый сæ уæд ехсæй æр- цъыкк ласы: — Швитко, швитко! (Тагъд, тагъд!) Гарпинæ æмæ Аминæт рæнхъы дæр нæ фæхицæн сты, лæууынц кæрæдзиуыл ныхæстæй. Ныр зæронд лæгтæй иунæг дæр сæргуыбыр нал у, сабитæ дæр сæ мæдты хъæбысы нындзыг сты, сæ кæуын нал хъуысы. Шулц рæнхъæн йæ райдианæй йæ кæронмæ, цыбыр къахдзæф- тæгæнгæ, разылд. Кæсы алкæмæн дæр йæ цæстытæм. Уыдон дæр æм ныдздзынæг сты, скульптурæтау, не змæлынц, æрмæст стæм хатт куый- гы хъыс-хъыс азæлы. Обер-лейтенант рæнхъы астæуы комкоммæ сысхъæл æмæ расид- тис: — Хæцæнгæрзты æфтауцдон чи спырх кодта, уый куы нæ схъæр кæнат, уæд ацы рæнхъæй алы фæндзæм адæймаг дæр æхст æрцæу- дзæн, — загъта уырыссаг æмæ украинаг дзырдтæ цъæлгæнгæйæ. Сыбыртт дæр ничи кæны. Æппæт дæр у æгомыг, къуырма. Шулц старостæйы йæ тугмæсты цæстытæ фæсагъта: — Бамбарын сын кæн, науæд ныртæккæ!.. Уый сæм æввахсдæр балæууыд. — Зæгъут, æнаккæгтæ, уæ фыдгæнæджы, æндæра уæ ам иууылдæр ныссæрфдзысты! — Махмæ дæуæй фыдгæнæгдæр нæй, уæйгæнæг! — уæззау хъæлæ- сыуагæй радзырдта иу урсбоцъо зæронд лæг. Саенко йæм багæпп ласта æмæ йыл ехсæй æрцыд: — Зæронд куыдз! — Ныууадз сæ! — фæтъæлланг ласта афицер æмæ йæ цонджы сахатмæ æркаст. * * * — Фондз минуты ма уын æмгъуыд!.. Ныссабыр та алцы дæр. Ныртæккæ цы зæронд лæг дзырдта, уый æвиппайды рæнхъыл йæ цæст ахаста æмæ йæ фарсмæ цы сывæллон- джын ус уыдис, уымæн аивæй йæ бынат аивта... Ныддаргъ сты уыцы фондз минуты. Шулц йæ сахатмæ нымдзаст, Уыцы уысм Гарпинæ дæр Аминæты йæ уæллаг фарс алæууын кодта. Сусæг хъæлæсæй йæ афæдзæхста: —Хъæдмæ-иу дæхи айс, мæ чызг. Уæдмæ обер-лейтенант йæ рахис къух цæхгæр æрриуыгъта, æмæ йæ салдæттæм фæкаст: —Раппарут сæ! Салдæттæ дыууæйæ рæнхъмæ багæппытæ ластой. Цыппар адæй- маджы анымайынц æмæ фæндзæмы расхойынц, анымайынц æмæ рас- хойынц. Афтæмæй кæй раппæрстой, уыдон дыккаг рæнхъы æрлæууын кодтой, æдæппæт дæс адæймаджы. Уыцы нымæцы уыдысты, чысыл раз- дæр сывæллонджын усæн йæ бынат чи баивта, уыцы зæронд лæг æмæ Гарпинæ дæр. Шулц ма сæм иу хатт тызмæгæй фæдзырдта: — Фæстаг хатт ма уæ фæрсын: Чи у фыдгæнæг?! Ничи та ницы дзуры. Æрмæст Аминæт хæкъуырццæй кæуы. Иæ мæллæг уæхсчытæ фесхъиу-фесхъиу кæнынц... Обер-лейтенат салдæттæм фæкаст, йæ цæсты зулæй, рæнхъæй кæй рахизын кодтой, уыдонмæ ацамыдта: —Кæнгæ! Уыцы уысм Саенко йæ ехс иуæрдæм фехста, афицермæ æввахс балæууыд æмæ мæстыйæ расидтис: 21
— Фыдгæнæг æз дæн! Æфтауцдон æз спырх кодтон! Адон нйцы гйё- нæг сты. — Вас, вас?! \ДЫ> ДЫ?) —фæбогъ ласта Шулц æррайау. — Æз басыгътон æфтауцдон?! — сфæлхатт кодта староста йæ ны- хас. Обер-лейтенант йæ дамбацамæ февнæлдта: — Ферфлюхтер! Комиссар, большевик!—стæй йæ хотых фæстæмæ йæ бур хуымпыры нывæрдта: — Нæ! Ацы æлгъыстаг ауындзинаг у! Дæлæ сæ уыцы зæронд би- рæгъимæ акæнут. Иннæтæ уал цæугæут уæ хæдзæрттæм, цалынмæ ма æндæр фыдракæнд нæ сарæзтат, уæдмæ, — фæци йæ ныхас æмæ йæ фа- теры ’рдæм фæраст. Фæкæнынц Саенко æмæ зæронд лæджы къухбастæй. Иу салдат цæуы сæ разæй, дыууæ — сæ фæрстæм. Сæ амонæн æнгуылдзтæ да- рынц сæ автоматты мæнгвæдæгтыл. Зæронд &е ’мбалмæ дзуры: — Сынко! Ныббар мын. Хуыцауы дзæгъæлы дæ бафхæрдтон æмæ дæ хатыр курын мæ амæлæты размæ. Уадз, æмæ Украинæйæн дæ хуы- зæн фырттæ бирæ уæнт! — Дæ хуызæн хъæбатыр зæрæдтæй дæр ма фæцух уæд, Батко! — Ма рæйут, хуытæ! — фæхъæр кодта салдæттæй иу. Уæдмæ сæм, чысыл раздæр Саенко цы ауындзæнтæ федта, уыдон разындысты. Бæндæнтæ сæ цыма сæхимæ хуыдтой, афтæ уæртæ ирд- гæмæ сæ кæрæттæ фæзылын-фæзылын кæнынц... Дыууæ ахст лæгмæ ма сæ уарзон Украинæйы быдыртæ, сæ цæфтæ æмæ тугхъулон фæтæн риутæ байтыгътой, хæрзбон сын кæнынц æну- стæм. Цасдæр рæстæджы фæстæ сæ ныттухдзысты сæ хъарм хъæбысы. ’ IX Гарпинæ асинтыл æрцæйхызт афтид ведраимæ. Хъуамæ дон схæс- са йæ цæрæджы фатер æхсынæн. Алы къуыри дæр æй æхсынц цыппар хатты. Хуылыдз хæцъилæй та йæ æрвылбон дæр сæрфынц. О, æмæ йæ ныр асинтыл æрæййæфта Шулц. Æвиппайды йыл фæбогъ ласта: — Шнел! Зæронд ефс! — æмæ йæ йæ цæфхадджын цырыхъхъы бы- рынкъæй скъуырдта. Ус асины астæуæй ратылд. Йæ ведра, гыбар-гыбур- гæнгæ, кæрты астæу балæууыд. Гарпинæ йæхæдæг асины бын фæуадзы- гау. Йæ кæсæнцæстыты æвгтæ нызгъæлæнтæ сты. Афицер йæ сæрты ра- къахдзæф кодта, дæрзæг сæлгъыста. Кæрты къуымты та разгъор-баз- гъор систа, йæ габæзтæ ивазгæ. Хъахъхъæнæг салдат Ганс усмæ багæпп ласта. Иæ автомат йæ риуæй иуæрдæм фæзылдта, йæ ведра йын æрбахаста. Цъайырдæм фæ- раст, хъуамæ та йын дон систаид, фæлæ йæ цæхгæр йæ хистæры хъæр фæурæдта: — Ком ир! Уый сонт зылд фæкодта æмæ йæ разы æмраст алæууыд. — Цы дæ хъуыддаг у, æмæ уыцы зæронд ефсæн лæггад кæнай? — Герр обер... — куыд сцæйдзырдта, афтæ йын, æндæр хæттытау, йе ’хсæрфарс ныззæлланг ласта, стæй йæ армытъæпæн йе спортивон хæлафы фадыгыл ссæрфта æмæ та йæхи кæрты къуымты ауагъта. Шулц æнæуи дæр дурзæрдæ, фыдахин у, фæлæ æфтауцдон спыр- хæй фæстæмæ бынтон цæхæртæ калы, æлгъиты, нæмы, йæ лыстæг бур- бын дæндæгты къæс-къæс цæуы. Хъыг ын у, канд адæймæгты уынд нæ, фæлæ хъæдтæ æмæ дурты уынд дæр. Ныр алы æхсæв, куы фæсахсæ- вæрты, куы бонæрдæм йæ сынтæгæй фæгæпп ласы æмæ, æнæнхъæлæ- джы, постытæ сгарæг ацæуы. Мæгуыр йæ бон, куыд æмбæлы, ахæм уа- вæры цы салдаты нæ баййафы, уымæн. Дысон дæр бонырдæм куы ’рбаздæхт, уæд, чысыл ма бахъæуа, Минкойыл хæрхæмбæлд фæуа цъайы фаллаг фарс. Гъе, фæлæ лæппу 22
&виппайды зæххыл дæлгомМæ аныхæст &мæ, мæкъулæгау, уадидæгæн фæрсырдæм ацъелф ласта. Цæвиттон, уый размæ бон Баткойы партизанон къордмæ æрбафтыд иу сырхæфсæддон афицер, развæдсгарæг. Æрбахызти фронты сæрты. Уый Стыр зæххæй йемæ æрбахаста фыстæджытæ. Уыдонæй иу æрвыст уыдис Гарпинæйы номыл дæр. Батко уайтагъд Минкойæн бахæс кодта, цæмæй фыстæг æвæстиатæй сæмбæлын кодтаид йæ хицауыл. Уый сæм æй æхсæвы тары æрхаста. Æниу æй йæхæдæг дæр йæ армы аразил-базил кодта: куы йæ байгом кæнид æмæ йæ куы бакæ- сид, фæлæ йæм аив нæ фæзынд. Лæппуйы фæндыд, Гарпинæ фыстæг йæ цуры куы бакастаид, чи йæ фыссы, цы сæм æрвиты, уый куы базыдтаид, фæлæ куыд? Рухс скæнæн нæй. Стæй Аминæт куыд зæгъы, афтæмæй зæронд ус ныр фæн- дзæм бон у рынчын, йæ уат нæ систа. Уымæ гæсгæ Минко уайтагъд фæстæмæ фездæхт. Хъуамæ та хъæдмæ асхойа, фæлæ æваст Шулцы дзыхы фæцæйхаудта. Степан афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, ныр æхсæв у æмæ фашист афицер фынæй уыдзæн, Гансæй та уадиссаг нæ тарст. Хорз уыд, æмæ цæст ницы æвзæрста саудалынджы, афицер æй нæ фæ- хатыд. Минко йæ йæхæдæг раздæр ауыдта. Йæ хæлафы дзыппы йæ ливорыл йæ къух андæгъд, йе ’ннæ къухæй та йæ фарсылдарæн трафей кард асгæрста. Раст уыцы уысм фæуын кодтаид йе ’нæнхъæлæджы фыдæмбæлæджы. Фæлæ уæд уымæн йæ фæдыл бирæ цыдæртæ баст уыдис. Æгас хъæубæстæ та фыдбылызы хай фæуыдаиккой, уæлдай- дæр, Гарпинæ æмæ йæ чызг удæгас нал баззадаиккой. Баткойы къор- дæн ам бастдзинады фæрæз нал уыдаид æмæ цал æмæ цал æвирхъау фыдмитæ фæкодтаиккой фашисттæ?! ...;Куыддæр дзæбæх æрбарухс, афтæ Гарпинæ, рынчын-рынчын, æмæ йæ чызг сæ сараймæ фæрссаджы размæ æрбацыдысты. Дысон- бонмæ Аминæт йæ зæронд нанамæ цал хатты бадзырдта: — Фыстæг ардæм æрис. Ныр та йыл æз хæцон. — Æниу, сæ дыууæ- йæ иу дæр йæ цæст не ’рцъынд кодта. Алчи дæр сæ йæхи фарста: «Чи сæм æрæрвыста ацы гæххæтт, цы фыст дзы ис? Куыд æмæ кæм сты сæ бинонтæ?,» Ныр мæнæ Гарпинæ ризгæ къухæй фыстæг куы байгом кодта, тетрады сыф куы райтынг, уæд Аминæт йæ мидбынаты сгæпп- гæпп кодта: — Бабайы къухфыст, ой! Æцæгдæр, Сæрмæты æмдымбыл, джиппыуагъды хуызæн дамгъæтæ сæ кæрæдзийы фарсмæ, рæнхъылæууæг салдæттау, зындысты. Гарпи- нæ йæ чызгмæ балæвæрдта: — Гъа, кæс æй, мæ хур! Уый исдугмæ йæ сæгъдзæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодта, стæй райдыдта: «Уæ бонтæ хорз, мамо æмæ Аминæт, кæд ма сæрæгас стут, уæд« Цы хабæрттæ уæм ис, цы дудгæбæттæ æвзарут? Кæд уын ныры онг ницы уыд, бафæрæзтат, уæд ма хæрз чысыл уæхи ныффидар кæнут. Сырх Æфсад тагъд рæстæджы ныддæрæн кæндзæн тыхгæнæг лæгмар- ты æмæ та адджын бинонтæй цæрдзыстæм. Хъæды уат æви хъæуы, уæддæр афтæ аразут, цæмæй налат знагæн æрынцой ма уа, йæ къæхты бын^зæхх судза. Æз æмæ Аксанæ кусæм госпиталы. Сымах æмæ Са- шкойыл мæт кæнгæйæ ныл цæуынц нæ уæззау тохы бонтæ. Гъей,' джиди, гъе! Фенынмæ, уал, нæ зæрдиæгтæ! Уæхи Аксанæ æмæ Сæрмæт». Гæххæтт каст фæцис, фæлæ ма дзы чысыл дæлдæр, сыфы кæрон, лыстæг дамгъæтæй иронау уыд ахæм рæнхъытæ: «Мæ чызг, худинаджы бæсты — мæлæт! Уыдон нæхи Къостайы ны- хæстæ сты...» Ацы дзырдтæ Аминæт хъæрæй бакаст, фæлæ сын зæронд ус ницы бамбæрста. Йæ сау раздарæны кæронæй йæ цæссыгтæ сæрфгæ, афар- ста’ — Цы, дам, цы, мæ хъæбул? 23
^ызг ын сæ украийаг æвзагмæ раивта. Ус йæ сæр разыйы æк^ къуыст бакодта æмæ сдзырдта: — Цæй, ныр сæм мах дæр ныффыссæм. Дысон Степан куы загъта, ахсæв та, зæгъ, уæм фæзындзынæн æмæ уын ахæссдзынæн уæ фыстæг. — Хорз, нана! Ды уал дæ хуыссæны Хæхи æруадз. Æз нæ фыд- боны фатерыбадæджы уат рафснайон, искæй нæмыгæй амæла, — æмæ йæ хуызивд кæлмæрзæнæй йæ сæр æрбатыхта, стæй ма афарста: — Нана! Иæ пистолет æдзухдæр стъолыл æвæрд вæййы? Стæй уæд ифтыгъдæй? Гарпинæ чызгмæ цыдæр дызæрдыг цæстæй бакаст: — Æмæ дæуæн цы хъауджыдæр у, цæмæн мæ фæрсыс? —Цæмæн дæ фæрсын? Уымæн æмæ де знагæн хъуамæ йæ алы ми, йæ алы хъуыддаг дæр зонай. Бæрæг нæй, цы сахат нæ цы саразын ба- хъæудзæн?! Гарпинæ исдугмæ ницыуал сдзырдта, стæй дзуапп радта: — Хотых бæгуыдæр ивтыгъд уыдзæн, æркъæппæввонг, фæлæ стъо- лыл алыхатт нæ вæййы, фылдæр æй фæдары йæ базы бын, — йæ ныхас балхынцъ кодта æмæ къуыммæ сæ хъæдын чырынмæ бараст фыссæн- гæрзтæ агурынмæ. Æниу, куыд ныффыссдзæн: иуæй рынчын у, иннæ- мæй йæ цæстытæй рæстмæ куынæ уыны, уæд? фашист ын куы ныссаста йæ кæсæнцæстытæ. Фæлæ йæ бирæ фыссыны сæр нæ хъæуы. Нырма сæрæгас стæм, зæгъгæ, æмæ фæци, ахъуыды кодта йæ мид-зæрдæйы æмæ чырыны дуарыл схæцыд. ...МиНко хъæдмæ куы схæццæ, уæд комкоммæ бацыд- Баткойы цатырмæ æмæ йын радзырдта хабæрттæ. Загъта йын, Гарпинæ рын- чын кæй у, уый дæр. Баткойы æрфгуытæ фелхынцъ сты. Иудзæвгар ницы сдзырдта, стæй афтæ: — Изæры йæ иумæ абæрæг кæндзыстæм... Æрмæст-иу мæн дохтыр хон. Минкойæн кæд Батко — Саша йæ хъæуккаг у, уæддæр æй нæ зоны. Уый æфсады рагæй ис, æмæ йæ лæппу бынтондæр нæ хъуыды кæны. Æрмæст ын хъуыста йæ кой, стæй йын кæддæр Гарпинæты уаты къу- лыл цыма йæ ныв дæр федта, фæлæ ацы фæтæнбоцъо лæг Сашæ у, уый йæ фыны дæр нæ фенхъæлдзæн. Æгæрстæмæй йæ Аминæт дæр кæд- дæр иунæг уынд фæкодта, æндæр нæ... Æхсæвæрафонты Гарпинæйы дуар бахостæуыд: — Ами, бакæн, æз дæн, Минко! Дуар байгом æмæ лæппуйы фæдыл æрбахызт бæрзонд, бæзæрхыг, фæтæнбоцъо лæг. Иæ къухы уыдис дзаг хызын. Мад æмæ йæм чызг дызæрдыджы каст бакодтой. — Уый дохтыр у. Мæнæ йæ нанайы уынæг æркодтон, — загъта Мин- ко. Лæг хызын Аминæтмæ радта. Йæхæдæг рынчыны сынтæгыл дæл- фæдтырдыгæй æрбадт, йæ тарæй хъусæн хæтæл систа. Фыццаг уал ын йæ мæллæг цонджы хъулмæ æрæвнæлдта, басгæрста йын йæ тугда- дзины цæф, стæй йын хъусæн хæтæл йæ тæбæкк риуыл æрæвæрдта. Дыдзы цырагъы рухсмæ сæ цæстытæ кæрæдзимæ куы фæкомкæммæ сты, уæд мад фестъæлфыд, йæ сæр фæхъил кодта: — Сашок! Сашок! Батко йæм йе ’нгуылдз февзыста, стæй йæ былтыл йæ арм авæрдта... Ус йæ сæр фæстæмæ æруагъта, ныхъхъæрзыдта... йæ къуыбар, хъарм цæссыг йæ цæсты бын арф ауæдзы банцад... X Бонæрдæм. Ахæм мæйрухс у, æмæ судзины бын фæдзæл аласæн дæр ис. Дард кæцæйдæр та райхъуысы автоматы цыбыр къæр-къæр. Обер-лейтенант Шулц æрбахæццæ постытæ бæрæг кæнынæй. Иæ 24
фатеры дуар бакодта. Рухс ссыгъта. Иæ цæст ахаста йæ цæрæнуаткл. Æппæт дæр у йæ уагыл, куыд æй ныууагъта, афтæ. Йæ цонджы сахатмæ æркаст: «О, ныртæккæ бынтон сбон уыдзæн». Иæ фатеры фæрссаггæрон æр- лæууыд æмæ, уый размæ кæй дымдта, уыцы тамако ссыгъта, йе ’фсæй- ыаг æртхос æркъæпп ласта æмæ ахъаззаг сдымдта. Лæууы фæрссаджы раз. Бон дзир-дзур райдыдта. Шулц фæлладæй æрбацыд. Иæ гарнизон кæд чысыл у, уæддæр дзы постытæ дзæвгар ис. Фæзылди сыл, басгæрста сæ йе ’мбæлццон салдатимæ. Хъуыдыты аныгъуылд. Иубон, æфтауцдоны спырхы фæстæ йæ хъуа- мæ фронты цæхæрмæ арвыстаиккой, науæд та йын йе ’фсæддон ном фæ- дæлдæр кæнинаг уыдысты, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, баззад. О, æмæ ма ныр исты бæллæх куы æрцæуа йæ гарнизоны, уæд дæ гуырæй райгæ у... Нал ын æй ныббардзысты йæ карз хистæртæ. . Ныр мæнæ йе ’ддаг дарæс раласта. Йæ планшет æмæ йæ пистолет йæ сынтæджы цур чысыл стъолыл æрæвæрдта. Фæрссаггæронмæ йæм кæцæйдæр æрбайхъуыст уасæджы уасын. Диссаг æм фæкаст, куыд, цы ’гъдауæй ма баззад уыцы хъæлæсджын маргъ абоны онг удæгасæй? Сæ салдæттæн къуыртт куынæ ирвæзы, уæд ацы сыгъзæринкъоппа къаи- ны фидар у? Кæсы ирд сæурайсоммæ. Йæ тамакойы фæздæджы сау къуыбылой йæ сæрмæ ивылы. Æвиппайды Шулцы цæстытæ фæдзагъыр сты... Дæлæ цъаймæ æр- бацыд нарæгастæу, бæрзондгомау сылгоймаг. Йæ уæлæ ис урс-урсид æхсæвхуыссæн даргъ хæдон. Афицер бандзыгау, кæсы æдзынæг. Иæ чы- сыл цъæх цæстытæ астыртæ сты. Сылгоймаг цъаймæ къæрта ауагъта, фæстæмæ йæ сзылдта. Йæ ведрайы дон кæны. Куы æргуыбыр, уæд йе ставд йехсбыд дзыкку йæ риумæ æрхауы. Йæ хæрзконд, скульптурæйы хуызæн гуыр аив æртасы. Иæ урс хъазхъуыр æрдынæгау æрзилы, бæ- рæгдæрæй разыны. Æппæт уыдон обер-лейтенант йæ зыд цæстæй ныхъхъуырæгау кæ- ны. Иæ тамако йæ къухмæ æриста æмæ дурдзавдæй лæууы. Бонрухс йæ тæмæны бацыд. Дондзау йæ уынгæггомау хæдоны джиппыуагъдау’зыны. йæ къуыбыр риутæ йын хъæдтыхæй райвæзтой йе тæрттæ. Зырнæй зыл- дау, бæрзонд зæнгтæ, хæдоны фæдджиты бын, мыдадзын цырæгътау, судзынц. Афицер йæ мидбынаты базмæлыд. Р1æ хæххытæ ныхыл йæ лыстæг даргъ æнгуылдзтæ авæрдта, хъуыдыты адзæгъæл, йæхи фæрсы: «Ау, мæ уат чи фефснайы, уыцы фыдмийаг къуылых чызг у?.. Нæ, нæ! Ацы сыл æндæр чидæр у, фæлæ чи у, чи? Ам кæцæй февзæрд? Кæд мæ фысымты уазæг у, æви та æлгъыст партизантæ исты кæлæнтæ æрæ- мысыдысты. Кæд æй уыдон æрбарвыстой?.. Хорз, Гансы бафæрсын хъæудзæн. Уый дæр æй, æвæццæгæн, федтаид»... Æппæт ацы нывмæ кæсгæйæ, Шулц йæ мидбынаты æрзылд, исты туаг аууилæгау, йæ цъæм-цъæм райхъуыст. Иæ тамако йæ уырзтæй ахуыссын кодта, йе ’рттиваг къоппы йæ нывæрдта æмæ йæ сынтæгмæ бараст. Ныр фæрссæгтæй боны рухс йæ риуы ’мбæрц барджынæй æр- бакалд. ’ «Ау, ам ацы зæронд Гарпинæ æмæ йе ’нахъом къуылых чызг Ами- нæты йеддæмæ куы ничи ис, уæд уый чи уыдаид? Уыцы диссаджы рæ- сугъд сылгоймаг? Кæд сæм уазæгуаты исчи ис?.. — ногæй йæ мид-зæр- дæйы сфæлхатт кодта йе ’рдæбоны сагъæстæ. Сыстад. Иæ уаты дуарæй рахызт. Асины бынмæ æрхæццæ. Уыцы уысм Аминæт асиныл уæлæмæ сцæйцыд. Шулц йæ фæдыл кæсы. Иæ зæрдæ фæкъæпп кодта: уæлæ æрдæбон цы гуырыконд федта, уый хуы- зæн. Æрмæст, чизоны, йæ даргъ æгъуыз къабайы рæстмæ нæ зыны. Чызг асины сæр балкъоныл цъылын æмæ ведрамæ куы æргуыбыр, уæд йæ зæнгтæ дæр афицермæ фæзындысты æрдæбоны сылгоймаджы хæрзвидыц зæнгты хуызæн. «О, фæлæ уый къуылых нæ уыдис. Сæгуыты 25
хуызæн фæцæйуад кæрты. Уæвгæ, ацы дæлимонтыл æууæнк нæй усæй- лæгæй. Нæ, нæ! Мæ фысымты чызг æцæг къуылых у». Ахæм дызæрдыг, æнæууæнк сагъæстæ кæнгæ, араст кæрты къуым- ты йе ’уæнгтæ ивазгæ. Хъахъхъæнæг салдат Гансы цурты куы фæцæй- зылд, уæд цæхгæр фæлæууыд æмæ йæ афарста: — Ацы райсом цъайæ дон цы сылгоймаг систа, уый чи уыд, нæ йæ федтай? — Нæ! Æз уæд уæртæ фалæмæ азылдтæн. Цыдæр хъæлæба дзы цыд. — Æмæ дзы чи уыд? — афарста Шулц. — Ничи! Нæхи салдæттæ дыууæйæ фæцæйцыдысты сæ постæй. Афицер йæ къух ауыгъта. — Хæлиудзых дæ! — æмæ кæрты фаллаг кæронæрдæм, цыбыр къах- дзæфтæгæнгæ, асирдта. ...Дыккаг бон талынгмилты Шулц кæцæйдæр расыгæй æрбацыд. йæ фатеры гуыДыр, сгаргæ-сгаргæ, бакодта, фæлæ йын æхгæд нал æр- цыд, дуар ын баззад чысыл зыхъхъырæй. Дæгъæл та ныппæрста йæ хæ- лафы дзыппы. Мидæмæ куы бахызт, уæд йæ китель раласта æмæ йæ бандоны тигъыл æрæвæрдта. Стъолмæ баппæрста йæ планшет. Иæ хо- тых дæр æд рон уырдæм бассыдта, фæлæ йæ цæмæдæр гæсгæ хуымпы- рæй сласта, æркæстытæ йæм кодта, стæй йæ йæ бынаты нытътъыста. Бирæ хатт æй йæ базы бын бавæры. Чизоны та ныр дæр афтæ хъавыд, фæлæ нуæзтджын кæй уыд, уымæ гæсгæ йын стъолыл баззад. Райсомæй уат æфснайынафон Аминæт схызт асиныл. Дуар зыхъ- хъырæй куы сæййæфта, уæд фæстæмæ фæзылд æмæ Гансæн загъта. Уый йын бауынаффæ кодта, зæгъгæ, Шулц дысон расыгæй æрбацыд æмæ, æвæццæгæн, ныффынæй. Дуар дæр ын гом уымæн баззад. Бацу æмæ йын бафснай йæ уат. Чызг исдугмæ аджисхъус. Иæ фæнд уыд, ба- цæуа æмæ йæм нанайы сæрвита фатер сæрфынмæ, фæлæ уый нырма æххæст йæ сæрæн нæу æмæ йын фæтæригъæд кодта. Йæхæдæг сабыр- гай дуарыл бахæцыд, мидæмæ бахызт. Уайтагъддæр цыдæр хъæхъхъаг тæф йæ фындзыл сæмбæлд. Иæхи сæнцъылдтытæ кодта. Æнæкъæрццæй уаты фæрссагыл æрбахæцыд. Сæууон сыгъдæгуæлдæф æхсызгонæй æрбагуылф ласта нуæзты карз тæфæй йемыдзаг хатæнмæ. Шулцы хуыр-хуыр райхъуыст, стæй йæ фарсыл æрзылд. Иæ цæ- стытæ байгом сты. Чызгмæ иу каст фæкодта, фæлæ йæ уый нæ фæфип- пайдта. Афицер та ногæй сæхгæдта йæ цæстытæ æмæ йæ сым-сым цæуы... Аминæт йæ сынтæджы фарсмæ къæхты ’рдыгæй æргуыбыр æмæ дзы бурбын дзаг гаршок арæхстгай систа. Дуарæрдæм, фæлмæн къах- дзæфтæгæнгæ, фæраст. Куыддæр къæсæрæй рахызт, афтæ Шулц йæ сынтæгæй фестад. Дуары зыхъхъырыл йæ зыгъар сæр сæвæрдта æмæ йæ фæдыл æдзынæг кæсы. Аминæт асиныл сæгуытау æрызгъордта, иунæг чиуд дæр нæ фæ- кодта. Кæрты фаллаг кæрон къахбынатырдæм бафардæг. Обер-лейтенант йæ сæр нынкъуыста. Искæимæ дзурæгау, цыдæр дæрзæг æлгъыст скодта: — Æнаккаг! Кæдæй нырмæ къуылыхæфсон кæны?! Знон цъайæ дон чи иста, уый дæр æнæмæнг ацы дæлимон уыдис. Багъæц, налат, æз дын ныртæккæ, — сдзырдта æмæ дуары фаллаг фарс къуымы балæууыд. Аминæт та фæстæмæ дæр асиныл цæрдæг сызгъордта æмæ уаты смидæг. Шулц йæ хæлафы дзыппæй дæгъæл систа, гуыдыры йæ дыууæ зыл- ды æркодта, дуарыл ма иу хатт æрбахæцыд, ома æхгæд у æви нæ, стæй йæ тызмæг цæстытæ чызджы фæсагъта: — Тагъд ныртæккæ дæ дарæс ралас! Чызг уаты фаллаг къуыммæ æввахс дурдзавдæй аззад, йæ цъылын йæ къухы, афтæмæй. 26
— Шнел, гацца! — фæбогъ ласта афицёр æмæ йæм сабыргай фæ- цæуы. Чызг фæстæмæ-фæстæмæ лæууы. Уый йæм дзуры: — Æнцад! Дæ бынатæй змæлд дæр нæ! Аминæт стъолмæ йæхи бахаста, пистолет фелвæста æмæ йæм æй фæдардта: — Æввахс мæм ма цу, æндæра!.. Уый йæм йæхи куыд фæцæйæппæрста, афтæ гæрах анæрыд æмæ обер-лейтенант йæ риумæ фæлæбурдта. — Нана, — азæлыд йæ хъæр. Гарпинæ æмæ Ганс йæ уæлхъус февзæрдысты. Чызг бауадзыг. Схæ- цыдысты йыл, йæ дæлæрмтты бацыдысты æмæ йæ фæкæнынц. Уыцы уысм обер-лейтенант йе ’муд æрцыд. Иæ риуыл хæцгæ, ра- бадт, афтæмæй йæ дæндæгты æхсæнты ралæмæрста: — Ганс! — стæй ногæй пъолыл йæ тъæпп фæцыд. Гарпинæ ма йæм иу каст фæкодта æмæ сдзырдта тарст хъæлæсæй: — Хъæдмæ, Сашкомæ!.. Цхинвал, 1981 аз.
АСАТЫ РЕУАЗ ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ КÆРДÆН Уæхстылконд физонæг, цъыс-цъысгæнгæ, зилы уæзгæ^ Иæ сойы цæссыгтæ ысгуылф кæнынц зынджы цæхæртæй: Мæ цæстытыл уайынц дыууæ туджджын лæджы хæцгæ,— Цыма сын сæ астæу сылгоймаг æппары йæ кæрдæн.., 1969 АДÆЙМАГ Адæймаг, дам, райгуыры кæугæйæ, Цин-мастæй фæцæрьГ еуæдæй фæстæмæ, Æмæ та йæ арвитынц фæстæмæ Йе ’нусон бæстæмæ дæр кæугæйæ... ДЖЕБОГЪЫ ЦЫРГЪÆЙ Мах ратыдтам æгас зæххы къори Сæнтсау сынты тугамæхст ныхтæй. Нæ салдат Фыдыбæстон хæсты истори Ныффыста йæ джебогъы цыргъæй. МÆИ ÆМÆ СТЪАЛЫТÆ Мигъæн мæй нæ ахызти йæ иуфæрсты, Фæлæ йыл цыма, къуырттон каркау, æрбадт. й’ алварс цыма стъалытæ йæ цъиутæ сты,— Нал æмæ йын нал фесты нымад... 10.1.1982 ЗÆРВАТЫЧЧЫ АХСТОН Æз ахæм нæ федтон... Фæлæ мын æй цалдæрæй загътой: Æнæхъыг, æнæмаст зæрватыккæн фехæлдтой й’ ахстон. Æрбатахт хæдзархæлд æмæ йæ куы федта зæбулæй, — Иæ дыууæ къахы ’хсæн æрбаскъуыдта мæстæй йæ къубал. 10.1.1982 28
ЦЫ У ЗÆНДДЖЫН? Æппынæдзух дæхи æвдис зæндджын уд, Æнæсдзургæ, æнæсхудгæ кæс джихау,— Уый циу?.. Æмбисонд судзæггаг мæрдджын у, Гъе, уый дæр ма ысхуды искуы иухатт... 17. 1. 1982 Ф Ы Н Ногбонæхсæв ногæй федтон æз мæ фырты — Афтæ рæсугъд æмæ ’взонгæй а-бæстыл, уæлæуыл. Афтæ уыдзæн... Афтæ ’взонгæй баззайынц сæ цырты, Чи нæ уал ис, уыдонæн сæ рæстæг дæр æрлæууы... 18. 1. 1982 ФАРСТ Фемдзаст уыдзæн хатт лæгмæ рæсугъд чызг, Фырæфсæрмæй бахауын æз дисы. Ау, æз ма æвзонг зæрдæтæ судзын, Ме ’взонгадæй ма мæм баззад исты? 19 январь, 1982 КÆРДЗЫНЫ КЪÆБÆР Зæххæй систон цъыфæвдылд кæрдзыны къæбæр, Цыма м’ армы ис йе ’муæз сыгъзæрины къæртт. Нæ, сыгъзæрин цыфæнды æрттивæгтæй уæд, — Уый, кæрдзынау, хæрынæн нæ бæззы уæддæр... 28. 1. 1982 МÆЛÆТÆЙ НÆ ТÆРСЫН... Кæсдæры зиан у æгæр зын... Хъæбулы зианæй зын нал у кæлын? Мæлæтæй нæ тæрсын... Фæлæ мын æнцондæр уыдзæн ныр мæлын... 28. 1. 1982 ЗÆХХЫЛ ЦЫНÆ ИС? Пæ хистæр ын йæ цæсгомыл нытту кодта,— Фыриинæй йæ æртæ боны нæ ныссæрфта. Ыстæй та йын йæ арм тыхджын куы нылхъывта,— Фырцинæй йæ æнæхъæн мæй нæ ныхсадта... 29. 1. 1982 ÆЗ ХУЫМ НÆ КÆНЫН Нæ дæр мын ис галтæ, нæ — гутон, Нæ хуым кæнын æмæ нæ тауын. Мæ иубæстон адæм, æз та уын Мæ уырзтæй æвзæрст дзырдтæ тауын... 29. 1. 1982
ÆГОМЫГТÆ Дыууæ дæр æгомыгтæ, къуырматæ, Сахы рæсугъд чызг æмæ æрдаг. Ауайынц мæ цæстытыл нырма дæр, Къухæй ардтой иумæйаг æвзаг... 30. 1. 1982 ЦÆХХ ÆМÆ КÆРДЗЫН Мæ фыд уыд мæгуыр лæг, цæрын ын уыд зын. Дзырдарæхст уыд, худæг æрдзæй... Дзырдта-иу мын’ «Чи дæтты цæхх ’мæ кæрдзын, Æнæмæнг уый хорз лæг уыдзæн...» 30. 1. 1982 СÆКÆР ДЗЫ НÆИ Цы йæ цыма? Сæкæр дзы нæй. Æндæр цы ис йæ разы? ’ Сæ цæхх æмæ сæ кæрдзынæй Дæр — бузныг æмæ разы... 30. 1. 1982 Ц Ы Р Т Фырт йæ фыды ном кæй хæссы, Фыдæн уый — цæрæнбон æмæ цырт, Фæлæ йæхимидæг фæтæрсы: — Ау, уыдзæн фыды фæндиаг фырт?.. 1. II. 1982 ÆНУСОН Мыггагмæ, цæрæнбонтæм ницы и ’ппындæр, Ныллæууы зæрдæ дæр, сахат дæр — æппæт дæр. Æдзухивгæ кæй у нæ дун-дуне, бæстæ, Гъе, уый у æнусон, æнæивгæ ’рмæстдæр... 19. II. 1982 н ы в Цъæх арвыл мæй байтыдта стъалытæ дардыл, Цыма сты уырзæвзæрст мæнæуы нæмгуытæ. Сæурайсом куы б^цæуы рухс хур йæ барты, Уæд сыл уый фæуадзы йæ адæг — йæ тынтæ... 27. II. 1982 ХÆХХОН ПЕЙЗАЖ Айнæг — зæронд лæджы роцъо, Урсфынк æхсæрдзæн — йæ боцъо. Комы цæугæдон ын ехс у, Сираг æфсургъау æй фехсы,., 28. II. 198?
УÆЛМÆРДТЫ Мах сæ бавæрдтам. Фæлæ цыма фестадысты. Чи дзы дидинты ’хсæн хуысгæйæ баззад. Æмæ чи слæууыд, уыдон дур-цырт фестадысты, — Сæ ном ма адæмты ’хсæн уæлæуыл баззад... 1. III. 1982 ЦЫБЫР ФЫСТ «Æнæвдæлон куы вæййын, уæд фыссын цыбыр, Куы мæ ’вдæлы, уæд та фæфыссын даргъ:» Мæнмæ дæр хауы кæд куырыхон лæджы дзырд, Мæ хъул уæд абадт сах!..» 6. III. 1982 ÆФСИН ÆМÆ ЧЫНДЗ Райсом уынг фæмæрзыс сыхы. Цæхæрадон къахыс. Стай æртæ азы дыл сыххæст. Нал лæууыс дæ къахыл" Баулæф. Нæуæг чындз дæр дын нæй? — Нæуæг чындз нырма кæны фынæй... 8. III. 1982 УÆЛГОМ АРВ Æрцæйбадти хæдтæхæг. Талынг. Зымæгон. Нæ бынмæ — нæ Райгуырæн бæстæйы зæрдæ. Ыстъалыджын арвы къус, цыма фæуæлгом, Гъе, уыйау æрттивынц йæ рухсы цырæгътæ. 8. III. 1982 ЗÆРДÆЙÆ Æмбисæхсæв. Сабыр. Сыбыртт дæр нæ хъуысы. Дæ дзинг-дзингмæ райхъал дæн, сахат —мæ фысым" Хæлд нервтæй нырма дæр къæрццхъус дæн, Зæрдæйæ фæуынын — цæстырухсæй цух дæн... 8. III. 1982 ДÆУ НÆ ДÆН Раскъæфтай мæ? Хорз. Мæ уд мын ауадз. Дæу уæддæр нæ дæн æмæ мæм ма хат. Æз тырнын сæрибармæ, бынбауай, Къалатийæ, ахæстоны маргъау... 8. III. 1982 М УЗ Æ Абон мæм æртахти музæ — Æз мæ уарзт нæ кæнын сусæг. Сылгоймæгты бардуаг. Макæуыл мæ сардау.., 8, III. 1982 3*
КÆЛМÆРЗÆН Дыууæ бæрзæй иуæн æрвдзæфæй æрхаудта йæ бæрзæй. Сæ разы фæйлауы цъæх-цъæхидæй Къоз. Цыма сын сæ астæу рæсугъд чызг ныууагъта кæлмæрзæн, Гъе, афтæ фидауы, гъе, уыцы цад хорз! 8. III. 1982 АФТÆÆНХЪÆЛЫ... Лæг афтæ æнхъæлы, ныр иууылдæр фесты Дунейы æмдзæвгæтæ фыст. Фæлæ та поэзийы æхсæрдзæн фесты Æмæ йын нæ дæттынц æрхуыст... 8. III. 1982 САЛДАТ ÆМÆ МАРШАЛ Фурд Волгæ — Мамаев Курган. Сталинград. Салдат æмæ Маршал — Чуйков дзы хуыссы. Уæлвонгæй йæ тохы быдыртæм кæсы, Иæ бæсты Сырх Фæзы та — ’Нæном салдат... 24. III. 1982 Ц Ы М А... Æз мæ фырты армæй, цъылынæгæй конд ныв Искуы иу хатт равдыстмæ куы хæссын, Цыма йын уæд æз хæцын йæ къух, йæ цонгыл,— Фæлгæтыл мæ арм æз хъавгæ ’рхæссын... 29. III. 1982 ЦÆМÆ Н? Цæмæн у дунетыл Ирыстон рæсугъддæр?... Дзыллæтыл зæххытæ куы уæрста хуыцау, Уæд нал ысфаг зæхх ’мæ ныццагъта йæ къухтæ: Иæ хайæ нын радта, гъе, уыцы хуындзау... 31. III. 198^ САБИ ÆМÆ МАД Хорз салдатмæ ’рымысæггаг ницы и. Бомбæты бын сыгъд станицæ Крымская. Згъæры схъисæй мард мадæн йæ дзидзи Дадта саби, уазал къуымы ризгæйæ... 31. III. 1982 АГУЫВЗÆИЫ ЗÆЛЛАНГ Хæстæй чинæуал æрыздæхти æгасæй, Уыдон цин, хъыджы, фæндагыл мысæм, Æмæ сын къуырццæй цæрæнбоны сидт уадзæм, — Агуывзæты зæлланг сæм мæрдтæм куыд хъуыса... 31. III. 1982
ИУНÆГ ЭКЗЕМПЛЯРЫ Чысыл дæн æви стыр дæн æз, — О, хъуыддагмæ уый бар цы дары? Куыдфæнды уæд, — бæрæг — мæ уæз, Æз уын дæн иунæг экземпляры... 6. IV. 1982 Ц А Р Д Цард куы цæуа иугæндзон нывыл, Цард куынæ уа уæхсчытыл зын уаргъау,— Цард у уæд цæстфæливæны фын, Цард у уæд мæнг хъуыддаг æмæ аргъау... 12. ТУ. 1982 МÆНГАРД Адæймаг цæмæн хъуа уа мæнгард? Зонын æй, ысты фыд æмæ кард. Ратт ын фынгыл дзырд, ныхасы бар, — Уый хуызæн ын нæй зæххыл æмбал!.. 12. IV. 1981' ЗÆХХ ÆМÆ ХУР Иухатт, дын, нæ дарæг зæхх зынг хурæй куры: Дунейы уæз нал уромын — баххуыс мын кæн... Хур æм бахуды уæд æмæ уырдыгмæ дзуры: — Ау, тыхæй дыл чи уыд — сæккой, дам æй кæн!.. 13. IV. 1982 У А Р 3 Т Иу мæгуыр лæппуйыл фембæлд замманайы чызг. — Баком-ма мын... «Нæ» йын загъта уыцы сауæрфыг. Лæппу ’рынкъард. Чызг ын загъта: дæу мæ дзырд æваст Бауырныдта иугæр, не ’хсæн уæд нæ уыдзæн уарзт...» 13. IV. 1982 КЪУХДАРÆН Номхæссæн рæсугъд чызг мын загъта нымд, къæмдзæстыгæй: — Иуæхсæв дын фыны радтон æз мæ къухдарæн... — Нæ, мæ хур, æвзæр фын нæу — цæр фæрнæй, æнæхъыгæй, Æз уыдзынæн д’амондæн дæ даргъ фæндагыл рухсдарæг!.. 13. IV. 1982 ЛЕНИН ÆМÆ ЦАРД Дуне зоны — Ленин райгуырди апрелы, Уалдзæг — Иры автономийы æмном, Уыцы уалдзæг нын æрхаста уарзон Ленин,— Ленин цард у æмæ цардæн нæй кæрон!.. 14. IV. 1982 3 Журнал «Фидиуæг» № 1
ДЗУÆРТТÆ Сæ хъуыртыл дарынц буц чызджытæ дзуæрттæ, Дыууæ къуыпп риу — дыууæ аргъуаны астæу. Цыма сты уыдон сонт зæрдæты дуæрттыл Хуыцауæй хъахъхъæнæг—сæ сыгъдæг уарзтæн... дысон Дысон фыны кæд фыстон æмдзæвгæ. Райсом раджы хъал уасæг ныууасыд. Нал рахастон æз мæ фын æцæгæй, — Чизоны, уый уыд мæ хуыздæр уацмыс... 23.. IV. 1982 У А Д Æ Г Уадæг уайы ’фсæн рельсыты асинтыл, Телбæттæнæй, коммæгæс æрмахуырау, Райдайы йæ фæстæ рогæй ласынтæ, Дисæй йæм фæкæсынц хур, былкъахыр мæй... 24. IV. 1982 УАРДИЙЫ СЫНДЗЫТÆ Уарди, ды хæрздæф, рæсугъд дæ, Уæд цæмæн, цæмæн фæтоныс къухтæ? — Чинæ зоны дидинджытæ тонын, Уыдонæн сæ сындзкъухтæ ныттонын... 26. IV. 1982 РÆСТÆГ Адæймаг, тыхджын дæ ды, æдых дæр, Сараздзынæ ды хæйрæджы цæст дæр. Сыстдзынæ ыстыр хуыцауы ныхмæ, Фæлæ дæм æрмæст нæ хъусы рæстæг. 15. V. 1982 Д Æ У Æ Н Зæххыл ис бирæ, бирæ хорз чызджытæ, Иу иннæмæй хуыздæр æмæ рæсугъддæр. Нæ, нæ, ды мæм кæсыс уæддæр уындджындæр Æмæ дыл радтаин кæддæр мæ уд дæр!.. 12. VI. 82 У. 3. Зæгъ-ма, зæгъ-ма, цæуыл дæ сбарон царды? Ивддзаг кæныс — Мæй, Хур дæ æви стъалы? Нæ, уыдон дæр рæстæгмæ ’рттивынц арвыл, Æмæ ды та æхсæв уа. бон—цæхæртæ калыс... 12. VI. 82
А М О Н Д Зæгъын æз лæппутæн, куырм ыстут, Ирæд хъуамæ фидиккой дæу тыххæй. Нæ зонын, амонд дæр куыд фыст у? — Æгъдау дæм нæй æви лæджыгъæд!.. 12. VI. 82 УАРЗТЫ ВЗАГ Зыбыты ’взонгæй уыйбæрц зонын бантыса? — Ирон, уырыссаг æмæ англисаг... Нæ вæййы ’рмæст тæлмацкæнинаг уарзты ’взаг Æмæ у уый, гъе, уымæй саудиссаг! 12. VI. 82 К Ъ А Б А Зымæг дыл цы кæрц ыскодта хъармæн, Иубон дын уый раласта цъæх уалдзæг. Ног къаба дын акодта йæ армæй Æмæ ’взонг зæрдæты уарзты пиллон уадзыс... 12. VI. 82 Н Ы Ф С Зæры бонтæм дæр лæг йæ амонд ары, Ихсыд хъысмæт дæр дидин рафтыдта, мæ хо. Ныххуыссы, зон, фæстаг ыстъалы арвыл Æмæ йæ фæдыл хур ысрухс кæны фæсхох... 13. VI. 1982 ÆНÆНОМ Уыдис ын ном, мыггаг, куы цыд фæдисы, уæд, Æрыздæхт хæстæй уый—афтид ингæн, æнæном. Æгъатыр у, æнæуынон, æлгъыстаг хæст, — О, цал уыд ахæмтæ, æмæ ма сын цы кæнон?! 13. VI. 1982
ГУГКАТЫ ШАМИЛ ДАДАЙЫ УÆЛМÆРД Радзырд Иæ сурдымæны ма цы тамакойы сыгъдæттæ аззад, уыдон æрхоста сæнæфсиры зæнгыл. Дыууæ æрфыджы ’хсæн къардиу фæарфдæр, аф- тæмæй ныккаст йæ тæккæ раз дидинæджы къутæрмæ, стæй цыма æнæ- нхъæлæджы йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыйау уæззаугай азылд æмæ атындзыдта хæдзармæ. Дзæрæх иу æмæ дыууæ хатты нæ ракалдта, мæнæ та, иннæ хæт- тытау, уырзæй æвзарæгау кæй кæны, уыцы гæххæттытæ. Бонæджы сыф- тæ фæбур сты, йæ уæлæ дуджы комулæфт кæцæй рауылæн кæны, уы- цы фыстытæн сæ хуыз фæцыд, фæлæ уæддæр сæ хъару нæ саст, ныхас кодтой зæронд лæджимæ.Куы-иу дзæвгар афæстиат сты куыстдзагъд уæзæгæвæрд æнгуылдзты ’хсæн, ^и та-иу дзы дзурын дæр нæ бафæрæз та, афтæмæй-иу æрныхæст иннæты уæлæ æмæ та-иу æрныуæрста, ра- гон таурæгътау нын ивгъуыд дуджы хабæрттæ чи дзуры, уыцы бæрæг æмæ æбæрæг нывтæ. Иутæм та дзы кæдæй нал бахæццæ адæймаджы къух, æмæ-иу цалынмæ зæрдæйы артæй бахъарм сты, уæдмæ сæ бон нæ уыд цæстæй ракæсын, цыма-иу сæ уд бацыд, уыйау-иу кæд æмæ кæд базмæлыдысты зæронд лæджы хæццæ-мæццæ хъуыдыты ’хсæн, æмæ та-иу уый дæр джихтæ райдыдта. Ацы хатт ыи цыма фæрæстмæ, йе уæнгты ахъазыд цахæмдæр æх- цондзинад æмæ уыцы гæххæтты гæбазимæ æрбадт йæ рагон къæлæт- джыныл. Ныры хуызæн никуыма рызтысты йæ къухтæ, цалынмæ гæх- хæтт йæ уæрагыл æрæвæрдта, уæдмæ йæм æдæрсгæ ныккæсын йæ бон нæ бацис. Уымæл цæстытæ æд кæсæнцæстытæ ныссагъдысты уыцы иу- ран æмæ нал куымдтой фæхинæн. Фæлладгъуыз цæсгомыл куы цины фæдтæ фæзыны, куы та — масты уылæн, фæлæ иугæр сæрыстырдзина- ды æнкъарæн фæзынд, уæд æнæмæнг уадулты æнхъырдты цармы бын базмæлдзæн лæмæгъ хæцъæф. Уæд царды ныфс дæр уæнгтæн быцæу алæууы, азтæй иудзæвгар асæрфы æмæ кæиæйдæр ферттивы, æгæрстæ- мæй, æвзонгады стъалы дæр. Дзæрæхæн нал æмæ нал æктыст уыцы чысыл æнцъылдтæ гæххæт- ты гæбазыл гæзæмæ, æнæбары хъулæттæ кæронмæ бакæсыы, алы дам- гъæ дæр ын дзы уыдис цардау, ивгъуыд бонты хабæрттæ дзурæг, æмæ- иу ын дзы чи йæ хъæдгом бапагайдта, чи та-иу ын атыхст йæ зæрдæ- йыл æмæ-иу уæд разындысты азтæ æмæ бочты аууонæй æвирхъау ныв- тæ радыгай. Тæнæг былтæ бæргæ змæлыдысты ризгæ къухты ’хсæн гæххæтты гæбазмæ кæсынæй, лæг-иу бæргæ схæцыд йæ хъæлæсыуа- гыл, фæлæ йæ цавæрдæр дзырдтæ не суагътой хурхынарæгæй. Бæрæг уыд, ацы гæххæтт рагæй кæй агуры, æмæ куыддæр иннæты фæстæмæ бафснайдта, афтæ йæ цалдæр тыхты бакæнгæйæ, нывæрдта хæдоны дзьшпы. Тынг рагæй йæ агуры, куы æргомæй, куы та мид-зæрдæйы, цал æмæ цал хатты рафæлдæхта къуымтæ дæр, фæлæ марадз зæгъ, 36
кæд искуы фембæлд, йæ цæсты кæрон дæр ыл никуы схæцыд, афтæ- мæй зæрдæдзургæйæ æрвыста йæ боктæ. Рæстæг цыд. Уымæн йæ бон бирæ у. Уый айсы цины бонты хал, æвдадзы хосау, йæхи асæрфы мæстæйдзаг зæрдæйыл, басур кæны хъы- джы цæссыгтæ, уæлтæмæн бæллицтæн бафæллайын кæны сæ дардтæ- хæн базыртæ. Фæлæ уæддæр æдых у зæрдæйы æнкъарæнтæ æмæ намы- сы раз, æндæра афонмæ Дзæрæх ирвæзт уаид, ныр ын кæдæй нырмæ æнцойдзинад чи нæ дæтты, уыцы æвæджиаг хæсæй. Ацы фæстаг рæс- тæджы йæ бынтон бакодта дуарахасты æмæ йæхицæн нал ардта æн- цойад. Афтæмæй та йæ бахъуыдис йе ’вæрæнтæ ракалын, уыдон уыр- зæй лыстæггай æвзарын. Ацы хатт ын фæрæстмæ æмæ кæд йæ зæрдæ- йы хъæдгом срысти, йæ уды хъизæмæрттæ йæм фæзындысты æлхынцъ- æрфыгæй, уæддæр сæ, цины базыртыл тæхгæйæ, ницæмæуал æрдардта æмæ февзонгдæр цалдæр азы. Дзæрæх хъæумæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ йæ фæндыд йæ цыд фæтагъддæр кæнын, фæлæ,иуæй фæллайгæ бакодта уыцы хæрды, иннæ- мæй та азтæ дæр афтæ æнцонхæссæн кæм сты, æмæ-иу тагъд-тагъд аулæфыд, куы лæугæйæ, йæ з^æрдæ-иу бынатæй куы барухс, уæд та-иу бадгæ дæр æркодта. Фæстагмæ йæ фæллад бынтондæр фесæфт, афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ уынджы алы фæзилæны дæр разындзæн йæ хæстон æмбал, цыма йæм ракæсдзæн алы хæдзары рудзынгæй. Дзæрæх хъæуы тæккæ кæрон æрурæдта иу астæуккаг кар сылгой- маджы. — Бахатыр кæн, хорз ус, фæлæ ды, æвæццæгæн, ацы хъæуккаг уы- дзынæ? — О, — æфсæрмдзæстыгæй загъта сылгоймаг æмæ, афтид ведратæ ауыгъд кæуыл уыдысты, уыцы къæрæмис аивта иннæ уæхскмæ æмæ зæхмæ кæсгæйæ, æнхъæлмæ каст æндæр фарстмæ. — Уæдæ ам Цæразонтæ кæцы ран цæрынц? — Цæразонтæ? — О, Тæтæритæ. Сылгоймаг иудзæвгар ахъуыды кодта: — Уыдон ам рагæй нал цæрынц. Алыгъдысты быдыры хъæумæ, — загъта æмæ бæстон радзырдта Дзæрæхæн æппæт хабæрттæ, бацамыд- та, хъæумæ кæуылты цæуынц, уый дæр, — кæд тагъд кæныс, уæд фæс- æмбисбон æрбацæудзæн автобус горæтæй æмæ, фæстæмæ здæхгæйæ, уыцы хъæуыл у йæ фæндаг, кæд ,нæ тагъд кæныс, уæд та ахсæв ам лæуу, мах дæр сын æцæгæлæттæ не стæм æмæ уыцы автобусыл райсом раджы ацæудзынæ. Дзæрæхæн тынг æхсызгон уыдысты сылгоймаджы уынаффæтæ, фæ- лæ йын бамбарын кодта, æнæцæугæ дзы кæй нæй æмæ уыйадыл кæрæ- дзийæн хæрзбон загътой. Хур ма ныгуылæны ’рдыгæй йæ тынтæ сарæзта зæххы риумæ æмæ æрдзы бур-хъулон гауызæн лæвæрдта æвзистхуыз. Бæлццæттæй чидæр- тæ æрхызтысты автобусæй, уыдонимæ Дзæрæх дæр æмæ йын куыд ба- цамыдтой, афтæ араст уынджы астæуты. Алан æмæ йе ’мбæлттæ куыддæр хъæуы кæронмæ бахæццæ сты, афтæ сæ алчи æнæдзургæйæ здæхт йæ хæдзармæ. Тынг бафæллады- сты хъæды рахау-бахауæй халсæртты фæдыл, стæй цады сæхи найы- нæй. Æмæ сæ алчи тырныдта йæ хæдзæрмæ. Лæппу кулдуары раз бай- иæфта Дзæрæхы, тынг ацæргæ йæм фæкаст. Лæг æдзынæг ныккаст цæджындзыл фидар фæйнæджы гæппæлмæ — уынг æмæ хæдзары но- мыр бæрæггæнæг, стæй йæ риуы дзыппæй сласта йæ кæсæнцæстытæ æмæ уыдонæй та æркаст йæ гæххæтмæ. Лæппу йæ фарсмæ лæууыд, уыи кæд æмæ кæдмæ нæ фæхатыд, стæй йæм фæкомкоммæ æмæ ба- фиппайдта, ацы хæдзармæ цыдæр бар кæй дары, уый æмæ йæ афарс- та: — Кæй лæппу дæ? 37
— Цæразонты, Зæронд лæджы фæллад уæнгтыл, царвау, атад, ацы дзырд, бам- бæрста, йæ фысымты хæдзары раз кæй лæууы, уый æмæ йын цахæм- дæр циндзинад ахъыдзы кодта йе ’нкъарæнтæ. — Ам кæимæ цæрыс? — Мæ мад æмæ мæ фыдимæ, мæ хоимæ. — Дæ фыдымад та кæм ис? — Мæ фыдымад амардис. — Амарди, зæгъыс?.. — Дзæрæхы æрфгуытæ фелхынцъ сты, æрхæн- дæгæй ныккаст йæ къæхты бынмæ, стæй лæппу цæуынмæ куы рахъа- выд, уæд та йæ афарста: — Ныртæккæ ам, хæдзары чи уыдзæн? — Нæ зонын, ныртæккæ фендзынæн, — лæппу уайтагъд фæаууон бæлæсты ’хсæн. Дзæрæхы бирæ æнхъæлмæкæсын нæ бахъуыд, йæ разы лæууыд астæуккаг кары сылгоймаг, раздарæныл цалдæр хатты æрсæрфта йæ къух æмæ йæ бадардта лæгмæ, стæй. сæ къустау кæрæдзи хъæбысы авæрдта æмæ æнхъæлмæ каст ны’хасмæ. Лæг æрæгмæ-æрæгмæ куы дзырдта, уæд сылгоймаджы хæмпус уадултæ гæзæмæ фæсырх сты, къухты æнгуылдзтæ фел&ъывтой дæллагхъуыр хъулон сæрбæттæны баст. — Мидæмæ нæм рахиз. — Мидæмæ зæгъыс? — цыма йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, уыйау афарста Дзæрæх æмæ базмæлыд йæ мидбынаты, стæй сылгоймаджы фæстæ бахызт кæртмæ. Бинонтæ цалдæр хатты бакастысты уыцы фыстæг. Тæтæри ма уд- мидæгæй æркуырдта фыссæнтæ æмæ бафæдзæхста Дзæрæхæн, цæмæй йын æй сæмбæлын кæна, йæ номыл ма хæдзары чи баззайа, уыдоныл. Фæстаг хатт та йæ райста Тæтæрийы фырт Аслан æмæ йæм ныккаст æдзынæг. Ацы хатт æй сæрæй кæронмæ нал бакаст, фæлæ йын иууыл тынгдæр йæ зæрдæ чи бацагайдта, уыцы рæнхъытыл ахаста йæ цæст: «Фæдзæхсын дын, дæ сæрмæ-иу æгаддзинад макуы ’рхæсс, хæрз- гæнæгæн хорз араз, фыдгæнæгæн та тæригъæд макуы бакæн». «Самай-ну нæ номыл кадæг, Ды, нæ буц кæстæр, нæ фидæи, Тох фæллад хæстоны зарæг Хъуысæд уадз нæ фæрныг Ирæй». Хъæуы кæронæй ахызтысты уазæг æмæ фысымтæ стырæй-чысылæй. Къуылдымы фарсæй зулаив фæндаг сæ бахæццæ кодта къаннæг æр- дузмæ. Уырдыгæй фæзылдысты хъæды ’рдæм. Аслан бахæццæ хъæуы уæлмæрды кæронмæ, æрлæууыд йæ мады цырты раз æмæ йæм каст æр- хæндæгæй. Иæ фарсмæ балæууыдысты йæ цардæмбал æмæ сæ сывæл- лæттæ Алан æмæ Иринæ. Дзæрæх лæууыд чысыл дарддæр æмæ фæхатыд, йæ фысымтæ, хъынцъымгæнгæ, кæй цырты раз лæууынц, уый. Цас фенхъæлмæ каст йе ’бæрæг сæфт хæстонмæ, фæлæ уæддæр йæ ныфс никуы састис, абон уа, æви сом, зындзæнийы ныфсæй лæууыд йæ къæхтыл æмæ хæдзары фарн, бинонты хъару нæ уагъта фæтасын. Фæлæ азтæ æмæ маст уæд- дæр сæхион бакодтой. Ныр та æнусон цыртæй кæсынц ^нхъæлмæ йæ цардбæллон цæстытæ. Уыдонæн ныр никуыуал ахуысдзæн сæ уарзон- дзинад æмæ æхцондзинад исдзысты кæстæрты уындæй. Дзæрæх æнæдзургæйæ азылд æмæ чысыл фалдæр тулдзбæласы цур систа йæ худ, йæ цæстытæ бауымæл сты. Лæууыд уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй, фысымтæ йæ фæстæ бахæццæ сты æмæ йæ алчи дæр тыхсын кодта цæстæнгасæй: «Ам та чи ис ныгæд?» «Ам ныгæд ис Тæ- тæри. Иæ цардæмбалæй йæ фæхицæн кодта уæззау хъысмæт, фæлæ сæ 38
æнустæм баиу кодта ныййарæг зæхх», — загъта Дзæрæх æмæ йæ риу- мæ æрбалвæста Асланы сæр, стæй ракодта фæстаг тохы хабар, чысыл раздæр сæм цы фыстæг радта, уый тыххæй йæ карз фæдзæхст æмæ йæ йæхи къухæй мæнæ ацы бæласы бын куыд баныгæдта, уый тых- хæй. Æрæджиау æрлæуыд йæ зоныгыл, армыдзаг сыджыт авæрдта йæ был- тыл, стæй сыстад æмæ лæууыд æнæдзургæйæ. Иæ хъустæ кодтой æрв- нæрæгау, сау мылазон фæздæджы фæлм æрбавæрдта йæ цæстытыл. Зæхх æмæ арвыастæу фесæфт адæймаджы æнцойдзинад, алы къутæр, алы бæласы аууонæй хъуыст фыдбылызы кæл-кæл, уæхстылконд фи. зонæгау зындоны арты сыгъди цардбæллон зæрдæ. Адæймаджы нуæрт- тæ куы фырæндыгъдæй æлхынцъытæ кодтой, куы та-иу тыхсастæй сæ- хи бакодтой æгъатыр хъысмæты бар æмæ сæм уæд налдæр циндзинад хъуыст, налдæр тас. Уæртæ уыцы дзыхъхъы лæууыд сæ сармадзан, ныр скæрдæг, фæлæ уæд ногкъахт уыдис, тынг фидар ран лæуд фесты. Ацы дæлвæзы цæст цæуылдæриддæр схæцыдаид, уый сæм зындис армытъæ- пæнмæ кæсæгау. Куыддæр-иу уæртæ уыцы фæхæрдгæнæнæй йæ фындз сдардта знаджы танк, афтæ-иу ыл комкоммæ сæмбæлд сæ нæмыг. Уы- дон дæр базыдтой сæ хуыцауы цæф æмæ æххуыс райстой хæдтæхджы- тæй. Зæххы цъар фæлдæхти пелтъгай. Æгас дæлвæзы сау мигъау ныб- бадти фæздæг. Адæймагмæ афтæ каст, цыма зæххыл цыдæриддæр фыд- былызæн равзæрд, уыдон иууылдæр æрæмбырд сты дæлвæзмæ æмæ цард рафæлдисæджы удмæ бавнæлдтой хъаймæты дзæмбытæй. Тæтæ- ри дæр нал змæлыд. Дзæрæх фæсонтау æмæ йе ’мбæлттæй куы иумæ бауайы, куы — иннæмæ. Нæмгуытæ ма куы уыдаид, уæддæр ын нал уыд æхсæн. Иуæй йæхи хъару асаст, иннæмæй йæ сармадзан фæфæл- дæхт. Иæ хъус ахсын райдыдта знаджы знæт ныхас. Систа гранат, цы- бырхъæдджын фиййаг, фæлæ сæ сæр нал бахъуыд, бахæццæ æххуыс. Тæтæрийæн ма йæ бон бацис бафæдзæхсын Дзæрæхмæ ацы гæххæтты гæбаз раттын æмæ цардбæллон æнгас ныхæстæй баззадис йæ былтыл. Дзæрæх къахта йæ къаннæг фиййагæй. Маст риуы ныммæстæг, цæстытæн-иу сæ судзаг куы суадонау фемæхст, куы та-иу сур бацис, фæллад æнгуылдзты 'хсæн фиййаг удисæгау змæлыд, куы-иу, мæстæф- хæрдау, йæхи фыдæнæн цæф фæкодта зæххыл, куы та-иу уæзбын æр- хæндæг æвнæлдæй систа сыджыт æмæ йæ калдта алæрдæм. Дзæрæх лæууыд йæ хъуыды, йæ зæрдæйы æнкъарæнты уацары. Уыцы бонты нывтæ ныхæстæй лæууыдысты æнæхъæн дæлвæзыл æмæ дзы сыгъди зындоны арт. Æрвнæрæгау æм кастысты амондыл цуангæ- нæг хъысмæты богътæ. Лæууыд зæронд лæг, удæгас цыртау, ферох дзы сты йæ кар, йе нцойбонтæ, йæ фысымты уæздан рæвдыд æмæ ныхас, нал æм зынды- сты, гауызау хъулон æрдзы нывтæ, нал æнкъардта алыгъуызон дидин- джыты^тæф, нал æм хъуыст мæргъты цъыбар-цъыбур, æрмæст ма знæт зæрдæйы тыхст æмæ хъынцъымы уылæн фæйлыдта æгас буарыл. Иæ фарсмæ æнкъард, æрхæндæгæй лæууыд Аслан. Гæзæмæ хъуы- ды кæны йæ фыды. Чи йæ зыдта, уыдон ын арæх æрæфтауынц йæ дзырд æмæ сæм фæхъусы зæрдиагæй. Ныр æнæнхъæлæджы базыдта иæ фыды уæлмæрд. Фынфенæгау æй уырнгæ дæр нæ кæны, лæууы æн- Цад, цахæмдæр тых ын йæ зæрдæйы нæ уадзы знæт кæнын. Æрдз цы- Дæриддæр аивæй рафæлдыста, уыдон æм кæсынц рæвдаугæ цæстæй: буц æмæ сæрыстырæй райгурæн урссæр хæхтæ, хосдзау æфсис кæмæй нæ зоны, цæнгтæ цæвæг хæссынæй кæм нæ фæллайынц, уыцы кæрдæгза- иæн лæгъзбын уыгæрдæнтæ, дидинхъулон фæзтæ, йе ’фсæнбæхæй цал- Дæр бонмæ кæй афæлдахы, йæ тыллæг уæлийæ исгæ бынæй ахадгæ кæмæн у, уыцы хуымзæххы быдыр. Лæппу кæсы тарæрфыгæй цахæм- дæр æхцондзинад æмæ уæлтæмæн æнкъаргæйæ, цыма ацы дæлвæзы ВДрд æмæ рæсугъддзинад уырдыг йæ рухсыбадинаг фыд Тæтæри æмæ иæ тохвæллад хæстон æмбал Дзæрæх лæууынц, уыйау. 39
Лæппу фæлгæсы царддæттæг дæлвæзыл æмæ йын цыма йæ цард- хæссæг фарн Бабайы æнцойдзинад фехалынæй тарст, уыйау ныхъхъус, ныссабыр, æрмæст ма хатт райхъуысынц сæ фарсмæ къардиуы суадо- ны сыр-сыр æмæ йæ зæрдæны хойын. Сылгоймаг æмæ дыууæ сабийы чысыл алæууыдысты Дадайы ин- гæны фарсмæ, стæй сæ асайдтой æрдзы æнæкæрон хæрзиуджытæ. Ди. дингуытыл цингæнгæйæ, адард сты Дадайы уæлмæрдæй æмæ æрдзы минтæнон фæндыримæ баиу сты сæ цардбæллон хъæлæстæ. Дзæрæх æмæ Аслан кæрæдзимæ бакастысты ныфсы цæстæй, стæй зæронд лæг ацамыдта сабиты ’рдæм. Гæзæмæ мидбылхудт ахъазыд цæсгомыл: «Уы- дон махæй амондджындæр сты,» — загъта æмæ ахæцыд йæ фысымы къухыл.
ХЬОДАЛАТЫ ГЕРСАН ÆМДЗÆВГÆТÆ Иог аз Æрбалæууыд Ног аз нæ царды къæсæрыл, Æвзонгæй — куырыхон. Уæларвон куырдадзы, Батырадзау, сæрыд,— Нæ быхсы тыры хом. Тызмæгæй нын иугæр нæ лæджыхъæд бары,— Цы йæ кæнæм сусæг? — Нæ сæрыл фæлдзæгъдæнæй залты мит уарыд. Тъæнджы мæйау — сусæн. Хæрзиуджытæ бафтыд ахъаззаг нæ къухы, Нæ къæбиц — хæзнаджын. Æлхъивгæ хæцыдыстæм хæстæн йæ хурхыл, Иргъæвтам æзнаджы. Æхсинджытæ уагътам, æрвгæрæттæм зæлыд Нæ фарны дзæнгæрæг. Нæ зæрдæйы фарсмæ зæххы къори змæлыд, — Иæ фидæн — æбæрæг. Уый махæн сæрфатаг æсхай кодта бирæ, Лæджы ’взаг ихсыди... Æниу ма кæд хъуыста æмбисондмæ бирæгъ. Кæд уагъта йæ зыд ми? Ныгуылæн Европæмæ марджы дзæкъултæ Агрессор æрхаста. Йæ цæстытыл уадысты туджы сырх култæ. Иæ гæрзтæ нæм баста. Бæттинаг куыд нæ у, къæпсырджынау, Рейган? Биноныг нæ хаты: Фыдвæндæй зæххон лæг нæма фæци райгонд, — Ныссудзы цъæх арты. Йæ къабæзтæ дардыл Советон Цæдисæн, Иæ уидаг — æвдудон. Хæссы нын нæ хъомыс æгас дуне дисæн, Нæй махæн фæцудæн! 41
Фæдисхъом нæ чи у, — нæ Райгуырæн бæсты Хæдбардзинад хизы. Æвирхъау тымыгъæн æхгæны йæ рæзтæ, йæ гамхуд ын исы. Æз буц дæн, сæрыстыр: фæцыди мæ фырт дæр Хæсфидæг Æфсадмæ. Мæхæдæг та, гилдзау, ифтындзын мæ дзырдтæ, — Мæ цæсгом æхсад у. 0,Ног аз, дæ фыццаг — мæ катай, мæ сагъæс, Мæ зæрдæйы дзæхст-дзæхст. Дæ тæрхон хъаймæты абырджытæн рахæсс, Сабырад — дæ фæдзæхст! 1983 Æртвæдис Удыл ног сагъæс æртæфстис Æви — намысы’ тæрхон? Кæд дæ туджы нæй æртвæдис, — Де ’мдзæвгæ дзыманды хон. Цард хæзна-диссæгтæ ’вдисы, Аргъау рацæг вæййы хатт. Зæрдæ нал фæчъицы дисы, Риуы нал ары бынат. Ахæм басгуыхти нæ заман — Алы къахдзæФæн лæгыл Барджынæй кæны экзамен: Хом цæмæн баззад дæ гуыл? Байтыгъта йæ тæрттæ Космос, Уым фæндæгтæ снадта лæг. Уæд дæуæн кæм и дæ хорз фос — Тугыл аскъуыйгæ тыллæг? Райс мыдыбындзæй цæвиттон, Науæд удвидар мæлдзыг... Иудадзыг — тæвдтуг, гæрзифтонг, Хъодыгонд сæм у æндзыг. Зæхмæ хъусын æз æдзæмæй: Цауд цæмæн хæссы мæ кар? Ау, мæ фыдæлы кæрддзæмæй Нæу мæ бон æсласын кард?! Æви заманы бæрджытæ Æз нæ фæлгъауын бынонг Æмæ сагъæсы кæрчытæ Зæрдæ уымæн хæрынц ног? Æтт, дæ рахис цонджы хаудæй, Ахæм зарджытæ фæлдис; Уартау чи нæ тæрса кардæй, Артау чи кæна фæдис! 1981
Къоста Нæ Ресы хох, нæ Хъæриу Дæ цуры къуыпп нæ дарынц. Дæ кады кой ныхъхъæри Уæлзæхх æмæ дæларвы. Дæ зарджытæ — нæ цинаг. Чысайнаг уа, хъобайнаг, — Рæвдауынц нæ, Гыцциау, Фæдзæхсынц нæ, Бабайау. Нæ зæрдыл сæ куыд дарæм Нæ авдæнæй фæстæмæ! Сæ базыртыл мыд дарынц Нæ Райгуырæн бæстæйæн. Дæ цухъхъайы бæрцытау Сæ рæнхъытæ — хæрзвидыц. Бæрц ныхæстæ, бæрц дзырдтæ. Бæстыдзаг та — сæ мидис. Кæй хъизæмар, кæй зынæй Нæ адавынц æгæрдæр! «Ирон фæндыр» кæсынæй Ысхурзæрин нæ зæрдæ. Дæ кады рухс мæсыгæн Йæ фадхъулмæ куы ’ххæсин, — Нæ къонайы нымд зынгæн Æрвон æрттывд æрхæссин!.. 1983 Æдзæрæг хæдзар Арв æй нæ ныццавта, зæй йыл нæ раскъуыд, Ууыл нæ раныдзæвд хæсты дæрзæг арм. Уæдæ цæмæннал ис дæлбазыр баст куыдз, Чи басгуыхт уымæн фыдбылыз, хæрзæгар? Абон бæрæгбон у, Дауджытæ... Уартæ Фаллаг сых кусартмæ дауынц сæ кæрдтæ. Ацы хæдзармæ та карз пысыратæ Мидæмæ фæрссагæй тилынц сæ сæртæ. Оххай, фыдæлты æвæджиаг рæхыс Астæуы цæджындзыл бандзыг дыдагъæй. Туггопп хъысмæты фæринчы ныррæхуыст Сидзæргъуыз хæдзарæн баззади уаргъæн. Цыма къæдз лæдзæджы æнцой — зæронд лæг, ■ Иунæг цæджындз ма ныббыцæу ис тыргъы. Хур æм сыгъзæринтæ калы бæрзондæй, Фæлæ ма цардгъуыз кæд хæцыд быдыргъыл?
Ердойæ не скæлы райсом цъæх фæздæг, Рухс тын нæ рауафы рудзынг изæрæй. Къæбицмæ дзаг хуын нæ бахæссы фæззæг, Ничиуал бахизы ихсыд къæсæрæй. Оххай, сæрдыгон æхсæвы æдзæмы Фосы сынæрцагъд нæ ивылы кæрты. Бирæгъ уа, рувас — æмгæрон нæ цæуы, Хъæрццыгъа, хъавгæ, нæ тæхы йæ сæрты. Цардагур алыгъди уымæн йæ хицау, Дæлæ быдираг дзæнæты æрæнцад. Афтæ йын аскъуыддзаг кодта йæ хуыцау, Æмæ ныууагъта фæсхохы йæ зын цард. Зæрдæйы артуадзгæ тугтæ ныттæдзы, — Рагæй тæрсаг дæн æдзæрæг хæдзарæй. Ферох ис хицауæй раджы... Фæлæ дзы Хирхур кæндзæни мæ зæрдæ хæларæй. 1982 9 Æхсæв айвадæг. Раст цыма стыр гарзæй Ацыд, алæдæрст сау-сауид дон. Хуыссæг бады мæ цæстыты ’мыр карзæй, Зæрдæ риуы ныммæцъæл бынтон. Фынгыл.— тохы быдкргъуыз гæххæтытæ, Дзырдтæ — бинтæй бæстытæ, фæллад. Уым, цæхгæрлыг траншейтау — цъæх хæххытæ, Хиды ’ртæхтæ сыл, тугау, фæкалд. Æтт, Мæскуыйæ ныззæлыди радио, Æмæ ’рлæууыд мæ уæлхъус æргом Райсом — бонæн йæ уазсыгъдæг райдиан Æмæ ме стихы хъулон кæрон. 1982 Ныхас ме ’мдзæвгæимæ О, ме ’мдзæвгæ, мæ хъæстæ, Мæ иузæрдыг фæдисон. Дæ цинкалдæй, дæ хъæрзтæй — Æвидигæ мæ исбон-. Фынæй кæнон, гъе — хъал уон, Цæугæ кæнон, гъе — бадон, — Дæуæн фидын мæ хъалон, — Уæззау вæййы дæ бадомд. Цæй аргъгæнæг, цæй цыдæр, Дæу чи зоны мæ удау Хъызт зымæджы æрцыдæй Цъæх уалдзæджы фæхудтмæ?
Цы ’фсондз и вæрд мæ галыл, — Цымыдис æм нæй уымæ. Гъе, афтæмæй фæкалы Цæнды дуртæ мæ хуыммæ. ! I Æз дæ зæдаг нæ хонын, Нæ дæ вæййын æгæр буц. Рæзтæвзарæн тæрхоны Кæй æндавы дæ аргъуц?.. Уæддæр дæуыл æвзæр лæг Куы бацæуы цъыфкъахæй, Уæд уый мæнæн мæ зæрдæ Къуымых кардæй ыскъахы... Кæд не ’ндидзы дæ мыггаг, Уæддæр мæ фæнд нывгонд у: Поэзийæн, уæрыккау, Мæ сыгъдæг уд нывонд у!.. 1983. Æиæнхъæлæджы фембæлд Гришина Ольгайæн Дæуыл æз куы фембæлдтæн Горькийы уагзалы, Куы кодтам хъæрмудæй ныхæстæ, Уæдæй нырмæ зæрдæ нæ уадзы йæ уаг халын, Ды нал хицæн кæныс мæ цæстæй. Дзырдтай мын Есенины тугтæвд поэзийыл, Нымадтай Гамзатовы стихтæ. «Цы кæмтты, цы хæхты, цы быдырты не ’рзилын, — Æмдзугæнæг мемæ сæ сихтæ». Дзырдтай мын æхцонæй фыдæлтыккон аргъуантыл, Мадоннæты нывтæй — хæрзæгар. Дæ æнагайд зæрдæ нырма дæр ис аргъæутты, Нæма зоны царды дæрзæг арм... Нæ зоныс: дæхæдæг хуыздæр кæй дæ уаз зæдтæй, Мыдадзын цырагъау — æнувыд. Дæ разы мæ зонгуытыл хаудæй кæй баззадтæн, Мæ сæрныллæгæй дын кæй кувын.. Дзырдтай мын... Куы фенин æз Терчы хъуырдухæнтæ, Кæуыл зарыд Лермонтов, Пушкин. Мæ зæрдæ уæд фервæзт уысмы бæрц йæ удхæрдтæй, Иæ хуылфы ныззæлыди рухс цин. Æрфæндыд дæ цадæггай мемæ Ирыстонмæ, Æхсинæгау атахт дæ зæрдæ — Сæ зачъетæ хæхтæ кæм æхсынц æвзист донæй, Лæджыгъæд кæм калы цæхæртæ... 45
Гъех, ацы фæливгæ минуттæ ’мæ сахæттæ, Сымахæй бæлгæ уды цас хъуыд! Фыдбылызы фатæг йæ нысанмæ бахæццæ, — Дæ поезд мæ зæрдæйæ аскъуыд. Кæсын ма йæ фæдыл... Хъыррыст кæнынц ме ссыртæ, Мæ цæстытæ ’хгæнын нæ комынц. Гъех, ацы æгæрон æфсæнзæрдæ рельсытæ, Цæй бæрц тугтæригъæд уромынц!.. Дæуыл æз куы фембæлдтæн Горькийы уагзалы, Уæдæй нырмæ нал дæн хæдзарæй. Мæ зæрдæ мæ риуы ысхур æви бавзалы, — Хуыцауыстæн, дзуапп ын нæ арын. 24. XI. 82. г. Горькнй, уазæгдон «Дннамо». Балы тала Хурдзæст’ уалдзæджы рæвдыдæй Худгæ ракалдта йæ хуыз. Чыргъæд бадзаджджын йæ мыдæй, — Не сты йе ’рФгуытæ æлхынцъ. Буц у, цардбæллон... йæ фæлыст Тагъддæр ивыныл тындзы. Диссаг: афтæ мæм фæкæсы — Аныр ацæудзæн чындзы. 24. XI г. Горькнй, уазæгдон «Динамо» Фæсмон Цынæ фыд-зынтимæ хъæбысæй, Лæгау, ысчъилдысæй хæцыдтæн! Хъырныдтой мыл куыдзæй, къæбысæй... Æмæ куыд æнхъæл дæ, хъæцыдтæн? Æхстон дыууæ къахдзæфæн иу дур Фæстæмæ... ’Ндæр гæнæн нæ уыдис. Дæрзæг дзырдыл æвæрын иту Нæ сахуыр дæн, æуый — мæ фыдниз... Æндæра сын æппар къæбæртæ Æмæ дæ фæндаг кæн æвыдæй. Кæм дидинджындæр, уым дæ къæрта Æмыдзаг кæн адджын æрсмыдæй. Æз та цы рамбылдтон? Хъыцъы-дон, АФтид у, ивгъуыдау, мæ фидæн. Æппæт йæ мидапмæ хынцыдтон Æмæ фæсмоцæц хъадон фидын... 1979,
Ды мæ зæрдæйы къæсæрæй Къах куы бавæрдтай, уæдæй Кафы уадтымыгъ мæ сæрыл, Алцы бавзæрстон фыдæй. Афтæ ацæуы мæ уалдзæг, — Хурæй не ’нтысы тæмæн. Цæй, цы дын кодтон, ныууадз мæ, Хурхæй мауал æргæвд мæн.
ХЪАЗИТЫ АЛЕКСАНДР ТÆРХОН Таурæгъ Гудисы иурæстæджы уыд 250 хæдзары бæрц: Къæбултæ, Сиукъатæ, Пухатæ, Тадтатæ, Бестаутæ æмæ æндæр мыггæгтæ. Цардысты хæларæй. Сæ сæйраг бæрæгбон уыдис Бæрзонддзуар. Иæ бонтæ-иу ахастой къуы- ригæйтты, ас адæм-иу минас кодтой, фæсивæд та — хъазгæ. Уыцы ду- джы Сауацхуры цардис Икъаты Басыл, Дисиджыны та йын уыд æрд- хорд лæг Хæмæт. Дыууæ хæларæн сæ кæрæдзийы хæдзæртты дуæрттæ уыдыстыгом, уæрст сын ницы уыдис. Басыл уыд фондз лæппу æмæ дыууæ чызджы фыд, йе ’рдхорды та зæнæджы амондæй фæци æрмæстдæр иу лæппу. Басылы мады æрвадæлтæ уыдысты Сиукъатæ — гудисаг, æмæ сæм алы аз дæр цыдис бæрæгбонмæ. Иемæ-иу акодта йæ хæлар Хæмæты дæр. Иу бæрæгбоны та йæм Басыл фæцыд хонæг, фæлæ йын Хæмæт нал сразы, дæ мады æрвадæлтæй, дам, мæ хæдзары къæсæрæй йæ къах ничима æрбайста, мæнæй та, дам, алы бæрæгбоны лидзинаг фесты, æфсæрм кодта. Цалынмæ, дам, сæ ацы аз Дауджыты бæрæгбоны мæ хæдзары фенон, мæ зæрдæйы фаг сын фæлæггад кæнон, уæдмæ, дам, æз уыдонмæ уазæгуаты фæцæуинаг нал дæн ын загъта. Æгъдауджын лæгимæ æнцондзурæн у, Басыл ын æмбæрста йе’ ’фсæрмы сæр, йæ ныхмæ уымæн нæ ныллæуыд, уæддæр æм бахатыд: — Уæд та дæ фырты рарЬит немæ, нæхи кæстæртæ дæр цæуынц æмæ йæхи аирхæфса. Æрдхорд истæмæйты æрдхорд вæййы. Лæг дыууæ нал загъта уы- цы фæндоныл æмæ Хæмæты иунæг бындар Сослан, Басыл æмæ Басы- лы авд кæстæримæ араст Гудисмæ. Нæ Ирбæсты уазæг хуыцауæй курæгау у, сæ фысымтæ сыл тынг фæцин кодтой. Фæсивæд Бæрзонддзуары бын сарæзтой хъазт, алчи дæр æвдыста йæ дæсныйад кафынæй, зарынæй, дур исынæй, цонг æрба- къæдз кæнынæй æмæ æндæр хуызы хъæзтытæй. Се ’ппæты арæхстджындæр æмæ тыхджындæр та разынд Басылы хистæр фырт, бæрзонд æмæ, сагау æлвæст, рухсцæсгом Ацæмæз. Фæ- сивæд дис кодтой Ацæмæзыл, цин кодтой Сиукъатæ, сæ хæрæфырты лæппу ахæм хъаруйы хицау кæй у, уый тыххæй. Гъе, фæлæ се ’ппæтæй тыхджындæр та цин кодта Пухаты диссаджы сау рæсугъд. Уый æр. мæст рæсугъд нæ уыд: йæ цæсгомæй кæд хуртæ каст, йæ дæллаг хъуыр- тæй мæйтæ, уæддæр æмбисондæн дзуринаг фæцис йæ арм арæхст, йæ сынк никæимæ хæццæ кодта. Бирæ усгур лæппуты зæрдæты басхъауд- та судзгæ арт, фæлæ разыйы дзырд никæмæн лæвæрдта, ничи цыдис йæ зæрдæмæ, йæ бирæ табугæнджытæм сæрыстырæй каст. Ныр Ацæ- мæзы куы федта, уæд зонгæ дæр нæ бакодта, йæхи зæрдæйы дæр куыд ссыгъд арт, йæ цæстæнгас нал куымдта Ацæмæзæй атонын, фæлæ лæп- пу уыд æфсæрмдзæстыг, хатыд, адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой, æмæ ныккаст зæхмæ, чызджытырдæм акæсын йæ цæсгом нал хъæцыд. Сау- чызджы та фæндыд, оу, куыд æй фæндыд, иу æмдзаст ын куы фæуы- даид йæ цæхæр цæстытæм! Уыйхыгъд тыхст Хæмæты фырт Сосланы цæстæнгасæй — уый та чызгæй нал иста йæ цæстытæ. 48
Сосланы сонт зæрдæ уымæй нæ бафсæст: æхсæв ыл бон нал код- та, бон — изæр. Саучызгмæ сусæгæй хатджытæ æрвыста, Пухаты фæ- сивæдæй кæй зыдта, уыдоны. Уый сын уыцы иугъуызон дзуапп лæвæрд- та: «Ма мæм хатут, хорз лæппу у, фæлæ мæ зæрдæйы дур ис» Фæлæ уымæй нæ басаст Сослан. Иу Тутырты та уазæгуаты ацыд Гудисы Пухаты Росемæ. Росе сæм бирæ хæттыты уыдис, æмæ йæ хорз зыдта, стæй зонгæ уыдысты Росе- йы фыртимæ дæр. Росейы фырттæ сæ уазæджы æфсæрмæй Тутыры хъазтмæ фæсивæды æрæмбырд кодтой сæхимæ. Раздæр æрбакодтой Саучызджы. Цалынмæ хъазт нæ райдыдта, уæдмæ сæм Сосланимæ ны- хас куыд рауадаид, уый фадат сын сарæзтой. Саучызг æрбамæсты Сосланы æргом ныхасмæ, фæлæ йæхи ныу- урæдта æмæ райдыдта дзурын: — Ды хорз лæппу дæ. Ницы фау дæм мæ бон у æрхæссын, фæлæ мæн хуыцау дæуæн нæ радта, мæ зæрдæ æндæр кæйдæр у. Мæ зæрдæ кæй у, уый мæ зонгæ дæр нæ кæны, уæддæр мæ уымæй ничи фæхицæн кæндзæн сыджытæй дарддæр. Сослан ын, зæгъгæ мæ хынджылæг кæны æнхъæл уыд, уымæн ба- худт: — Кæмæн у дæ зæрдæ лæвæрд, кæд æмæ дæ нæ зоны, уæд?! — Уый мæ нæ зоны, фæлæ йæ æз зонын. Мæ зæрдæ йын радтон уый æнæзонгæйæ, æмæ мыл кæд йæхи атигъ кæна, уæд мæнæн мæлæ- тæй дарддæр цард нæй. Гъе, уый дын мæ фæстаг ныхас. — Дæ зæрдæ лæвæрд кæмæн у, уый дæ нæ зоны, фæлæ йæ ды зо. ныс, æмæ мын йæ ном зæгъ. Лæппу йыл уæддæр не ’ууæндыд, фæлæ чызг бадиссæгтæ кодта: — Æз æнхъæл дæн, æмæ æдылы лæппу нæ дæ, фæлæ дæ фарст мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Хорз чызг кæйдæр лæппуйæн йæ зæрдæйы сусæг- дзинæдтæ нæ фæдзуры. Куыд дын æй хъуамæ бацамонон, кæд æмæ йæ нырма нæ зонынц мæ ныййарæг мад, мæ хиуæттæ? Мауал мæ фæрс. Лæппу æрбамæсты æмæ фергом кодта йæ хъуыды: — Ды мæ сайгæ кæныс, Саучызг, фæлæ дын æргомæй зæгъын: мæ зæрдæйы арф ныххаудтæ æмæ дæ уырдыгæй ничиуал стондзæнис! Зæхх афæлдахдзынæн, уæддæр дæ мæ зæрдæйæ ничиуал ахицæн кæндзæнис, ничи мын дæ байсдзæнГ — Мæнæн мæ зæрдæйы цы цырагъ ссыгъд, уый ничи ахуыссын кæн- дзæн, йе ссудзæгæй дарддæр. Ныууадз мæ ныр, дæ хорзæхæй, æндæра нæ ам куы æрбаййафой ме ’фсымæртæ, уæд ды дæр æмæ æз дæр фыд. былызы хауæм. — Æз, чи фæтæрсы, уыдонæй нæ дæн! — Мæ удæгасæй ацы хъуыддагæн сырæзæн нæй, нæ аивдзынæн мæ зæрдæйы фæндон. Фестæм ныхас, абонæй фæстæмæ не ’хсæн дзырд куыд нал уа, ма дæр мæм хатджытæ æрвит. Саучызгмæ усгур кæцæй нæ цыдысты, ахæм хъæу нал баззад сы- хаг комбæсты дæр. Хатыдысты йæм мад, фыд, æфсымæртæ æмæ хиуæт- тæ, фæлæ сын йæ дзырд уыдис иу: — Ничи сæ цæуы мæ зæрдæмæ. Мæ зæрдæмæ чи цæуы, уый хат- джытæ та нæ къæсæрæй нæма æрбахызтысты. Кæд мæ тынг сфæлмæ. цыдыстут, уæд мæхи амардзынæн, мæ мард мын уаргæ дæр нал скæн- дзыстут. Сфæлмæцыд Саучызг Сосланы сусæг хатджытæ æмæ йæ бирæ ус- гуртæй, кæрдзын нал иста йæ зæрдæ, бонæй-бон мæллæгдæр кодта. Чызджы мад — Букуылон тынг мæт кодта йæ чызгыл. Архайдта, цæмæй уыдаид хъæлдзæг, фæлæ чызджы зæрдæмæ хуры тын никуыцæй- уал каст, æмæ йын уыцы маст æнцой нæ лæвæрдта. Иу Дауджыты та Букуылон сфæнд кодта Сауацхурмæ, йæ цæгат- мæ, сарæзта стыр хуын, йемæ ракодта йæ лæппуты æмæ Саучызджы дæр. 4 Журнал «Фиднуæг> Мв 1 49
Букуылты стыр хæдзары уыдис куывд, алырдыгæй сæм хуынд уьг- дысты сæ хæстæджытæ. Саучызг рацыд хъазтмæ йæ мадыфсымæрты чызджытимæ. Фæсивæд кафынп, уымæ та кæуын цæуы, стæй йæ цæст- æнгас лæппуты ’хсæн æнæнхъæлæджы скъуырдта Ацæмæзыл, йæ зæр- дæ æрбауазал, фæиæйхауд, фæлæ йæхи фæфидар кодта, стæй йæ хъуы- дыйы феоттывта йæ мад æмæ батыхст: — Æз гыццимæ цæуын. — Фæлæу, мæнæ фæйнæ кафты ракæнæм, — фысымты чызджытæ йæ нæ кодтой уадзынвæнд, фæлæ нæ бакаст сæ коммæ. Иæ мадмæ бацыд æмæ йын аивæй дзуры: — Гыцци, цом-ма хъазтмæ бакæсæм. — Гыцци дæ рын ахæра, цафон ма у мæнæн хъазтмæ цæуынæн. — Нæ, нæ, гыцци, чысыл æм бакæсæм, стæй иумæ раздæхдзыстæм. Букуылон дæр уæлдай ницыуал загъта, бацыдысты хъазтмæ. Сау- чызгæн та йæ каст æлвæст æмæ фидæрттæконд Ацæмæзмæ уыд, аивæй йæ ацамыдта йæ мадæн, йæхæдæг йæ сæр йæ мады кæлмæрзæны аты. хта, æмæ йæ куыд ничи фæфиппайдтаид, афтæ скуыдта. Мадæн ма цы ’мбарын хъуыд йæ чызджы зæрдæ. Акодта йæ фæс- фæд æмæ йын дзуры: — Дæ сæрыл мæ æрхæссой хуыцау- æмæ абоны бардуаг, Ацæмæзы æз рагæй зонын, сæрæн лæппу V, гъе, стæй хорз хæдзарвæндагæй ра- цæугæ, фæлæ арæх куы вæййы Гудисы, йæ зæрдæмæ кæд цæуыс, уæд афонмæ куыд ницы загътаид, æндæр лæппутæ дæм сæ уд куы ’ппарынц. мæ хооздзинад æмæ рæсугъддзинад æгас Ирыл куы айхъуыст? Онгмард, хауд-зæрдæйæ баздæхт Саучызг хъазтмæ. Уæддæо æй нæ фæндыд йæ мады дзырдтыл баууæндын, æмæ Ацæмæзмæ йе’ хсгæ кæстытæй саста йæ уарзты дойны. Уæдмæ Букуылты лæппутæ рахызтысты хъазтмæ, æмæ сæ чидæр йæ дзурæн дзыхæй сæкæр фæхордта — Саучызг фыццаг йæ хъустыл нæ баууæндыд, фæлæ бæлвырдæй фехъуыста дзурæджы хъæлæс: ныр та, дам, нæ хæрæфырт æмæ Ацæмæзы кафт у. Анæмæз æвиппайды фæкомкоммæ ис Саучызгмæ, йæ цæстытæ ата- рытæ сты, дзуры йæхинымæры: — «Цал хатты уыдтæн Гудисы æмæ йæ куыд никуы федтон?» Ракафын сæ кодтой, фæлæ Ацæмæзы кæсæнтæ баныхæстысты Сау- чызджьт рæсугъд иæстытыл. Сæ уæ^гтьт айстытт сьтн адæм сæ нæст æпæ- вæодтой. ахæм лчссаджы кафт кодтой. Дыууæ цардбæллон уды цыма зæххыл дæр нал хæцыдысты. Букуылоны зæрдæ ныррухс, мæгуыр. Кæ. дæй-уæдæй ма йæ чызджы зæодæйы фаг бахудгæ федта, йæ цæсгомыл та х^отæ æмæ мæйтæ скастысты. Ацæмæз чызджы æхсгæ кæстытæ, спæр-пæокæнын æвзонг уæнг- тьт змæлды федта Саучызджы зæодæ, æмæ (Ьыриинæй зæххыл чэл хæцыд. Букуылон æмæ йæ саурæсугъд сæхимæ аздæхтысты цинзæрдæйæ. Фæлæ ныр та Анæмæз нырхæндæг. Иæ уды хъынцъым ын бамбæрстой бинонтæ дæр. ÆмæБасыл Пухаты мыггагмæ барвыста хатджытæ. Сау. чызджы мад æмæ фыд уæлдай нииыуал загътой, бафидыдтой, снысан кодтой чындзæхсæвы бон. Гъе, фæлæ Сосланы зæрдæйы сæвзæрдысты сау æмæ æгæрон хин- дзинæдтæ. Сусæгæй йæ уд хъардта, куыд сæ (Ьæхицæн кæна. Цалдæр хатты Гудисмæ сусæгæй аныд Саучызджы скъæфынмæ, фæлæ йæ къухы ницы басЬтыд, æмæ ныллæууыд, адæ^маг йæ ахъуыды кæнынæй дæр кæ- мæн тарст, ахæм сау фыдвæндыл. Иæхицæн ныссомы кодта, уый йын æнæбакæнгæ кæй нал ис. Ацæмæзы чындзхæсджытæ цы изæр хъуамæ апыдаиккой, уыцы рай- сом Сослан ацыд цуаны, амардта сæгуыт æмæ йæ аппæрста иу стыр къæдзæхæй, йæхæдæг фæстæмæ раздæхт, бацыд Ацæмæзмæ æмæ йын дзуры: — Гъе. ме ’рдхорд æфсымæр, чысылæй фæстæмæ мæхи рæвдз кæ 50
нын дæ чындзæхсæвмæ! Мæ мад æмæ мæ фыд ныр цалдæр мæйы цæт- тæ кæнынц сæ хуын, уыдон æркæндзысты иу гал, иу фыр, æрхæс^зьт- сты æртæаздзыд нуæзт, хæрд. Фæлæ мæн фæнды ахæм хуын саразын, нырмæ ирон чындзæхсæв кæй нæ зыдта. Райсом бон куы ’рбацъæх, уæд рафæлдæхтон иу стыр сæгуыт, сæгуыты фыдæй физонджытæ хъуамæ æрхæссон хистæртæ æмæ уазджыты размæ. Гъе, фæлæ мын куы фæцæф ис, уæд ма фыртæвдæй алыгъд æмæ Икъаты къæдзæхæй ахауд. Иунæ- гæй мæ бон нæ бацис йæ рахæссын, æмæ дæм арбауадтæн, цæмæй йæ иумæ схæссæм, стæй дæхи бацæттæ кæн изæрмæ. — Уый диссаджы хорз фæнд у, мæ хæлар, — бацин кодта Ацæмæз æмæ фæцæуæг йемæ. Хур ракаст Сосланыл дæр: — Ноджы ма мæм цы фæнд ис, уый зоныс: сæгуыты сыкъатæй æз уе ’рцыдмæ сараздзынæн нуазæнтæ æмæ сæ физонджытимæ ратдзыстæм хистæртæ æмæ уазджытæм. — Æмбисондæн баззайдзынæ нæ комбæсты, — дзуры Ацæмæз. — Уæдæ куыд æнхъæл дæ, Ацæмæз, æз ацы хъуыддагмæ мæхи ра- гæй цæттæ кодтон, — Сосланы хъæлæс гæзæмæ рызт, фæлæ йæ зæрдæйы маст йæ дæлгоммæ дзырдтимæ хъавыд скалынмæ. Бахæццæ сты, Сослан сæгуыт цы къæдзæхæй аппæрста, уырдæм. Æрлæууыдысты къæдзæхы былыл. Сослан дæлæмæ, коммæ, Ацæмæзæн амоны сæгуыты мардмæ. Ацæмæз былмæ хæстæгдæр куыд балæууыд, афтæ йæ Сослан фæстейæ асхуыстэ, æмæ дæ сЬыдгул дæр афтæ. Иæхæ- дæг, арсау, ныббогъ вддта, ныхъхъæр кодта фæдис. Æрбазгъордтой йæм Дисиджыны фиййæуттæ. Уый тоны йæ рустæ, йæ сæрыхъуынтæ исы бындзыггай. Фæлæ йын фиййæуттæй макæ зæгъæг нæ фæцис. Тарст æмæ тарæрфыгæй ныххызтысты коммæ, сынтьтл оахастой Икъаты хæ- ларзæрдæ Ацæмæзы мард. Фæлæ дзы йæхи хуызæн ницыуал уыдис, бынтондæр ныцъцъæлтæ, ныффыдыскъуыдтæ. Айхъуыст зæрдæхалæн уæззау хабар æнæхъæн кæмтты. Никуыуал баззад адæм, нæлгоймæгтæ тымбыл къухæй хостой сæ сæртæ, сылгой- мæгтæ тыдтой сæ рустæ, сæ бындзгуытæ. Ацæмæзы туг-тæригъæдæй ниуттой кæмттæ, къæдзæхтæ дæр, Икъаты хох йæхæдæг дæр. Ахæм тæригъæддзинад сæ нырма никуыма ничи федта. Æрцыдысты йæм Гу- дисгом стырæй-чысылæй, зæхх рызт, хур талынг кодта сæ зæрдæха- лæн хъарджытæ æмæ цæссыгæй. Сослан дæр адæмы цæстмæ йæхимæ хаста марæн кæрдтæ, куы-иу хъама раскъæфта, куы хъримаг, фæлæ та-иу æй фæцис иргъæвджытæ, йæ цуры йын цæстдарынæн баурæдтой цалдæр лæппуйы. Саучызджы тæригъæдæй та дыууæ хатты зæрдæскъуыдтæ кодтой адæм. Кæм ма уыд Саучызг: бампылд, баруад, цæстытæ ныррæсыды- сты, нал хъуыст йæ хъæлæс. Иæхи амарын нымадта хуыздæрыл, фæлæ йæ йе ’мкарæн чызджытæ уæгъд нал уагътой. Иу ’хсæв дæр ыл иунæ- гæй нал æууæндыдысты. Чындзæхсæвæн цы сцæттæ кодтой Икъатæ, уыдон хистæн бахъуы- дысты. Хæмæт дæр æ’ркодта йæ гал, фыр, цыдæриддæр сцæттæ кодта хуынæн, фæстæ дзы ницæуылуал фæхæцыд, йæ сæрхойгæ сæ æрбахас- та. Топп ыл ныцнæв, туджы ’рхъис дзы нæ рæхаудзæнис, зæгъгæ, кæ- мæй акæнынц, ахæм бакаст ын уыдис, фæлæ йæ зæрдæйы цы ис, чи йын цы зыдта? Уый фæстæдæр фæбæрæг. Хистæй æртæ боны куы ра" цыд, адæм куы ’рсабыр сты, уæд фæдзырдта хъæуы хистæртæм, басидт Сосланмæ дæр æмæ йын тарæрфыгæй афтæ зæгъы: — Радзур-ма мын, Ацæмæз куыд ахаудта къæдзæхæй. в — Цы ма мын мæ зæрдæ къахут, æгъгъæд мын нæу, мæхи цæстæй кæй федтон, уый? — къæхтыбынæй ныууынæргъыдта лæппу. — Зонæм æй, фæлæ нæ уæддæр лæмбынæгдæр фæнды йæ базонын. — Омæ та уын æй дзурын, — æрæджиау райдыдта Солан. — Ацæ- мæзы чындзæхсæвы тыххæй амардтон еæгуыт. Сæгуыт куы фæцæф, 51
уæд ма йæ тæвдæй алыгъд æмæ къæдзæхæй ахауд. Иунæгæй мæ бон нæ уыд йе схæссын æмæ йæм акодтон Ацæмæзы. Уый къæдзæхæй куы акаст... уæд фæбырыд æмæ ахаудта. Æндæр ма цы зæгъон? — Нæ, цъаммар цыдæр, раст нæ зæгъыс! — фæбогъ ыл кодта фыд, æмæ баздæхт фиййау Бесамæ.—Ды ма йæ радзур, дæ хорзæхæй, куыд æрцыд хабар. — Æз иунæгæй нæ уыдтæн. Сослан цы сау митæ сарæзта, уыдон фиййæуттæ не ’ппæт дæр федтам. Тарстыстæм, цалынмæ зиан йæ сы« джытыл сæмбæла, уæд’мæ куы фергом уа хабар, уæд дыууæ мыггаджы ’хсæн ноджы фыдбылыз æрцæуынæй, æмæ сын хъуыддаг, куыд уыдис, афтæ нæ радзырдтам. Бабын нын кодта нæ комбæсты ныфс æмæ рæ- сугъддзинад. Бафæрсут иннæ фиййæутты дæр. Хæмæт арсау богъ кодта, йæ сæр хоста стыр цым лæдзæгæй: — Ай мыл цы ’рцыд? Цы бирæгъы хъæвдын схъомыл кодтон иунæг фырты ’фсон? Цы ми мын бакодта мæ зæры бонты? Мæ мыггаг цæрæн- бонтæм æлгъыстаг фæцис, туг ныппырх мæ мыггаджы сæрыл! Хистæр- тæ, Басылы мыггаг куы слæууой сæ туг райсыны къахыл, уæд сын сæ ныхмæ цы аххосаг хъуамæ æрхæссой мæ мыггаг? Иу мады хъæбулау кæимæ схъомыл, уымæн ахæм æвирхъау ми куы бакодта, уæд ма йæм амæй фæстæмæ хорзмæ цæмæ хъуамæ банхъæлмæ кæсæм? Тæрхон, тæрхон! Фыдгæнæгыл тæрхон! Фервитут алы кæмттæм, цæмæй сом ацафон ам уой æппæт комбæсты тæрхоны, лæгтæ. Ацы цъаммары та ныккæнды ныппарут, йæ цуры йын бауромут хъахъхъæнджытæ, — уыд йæ фæстаг ныхас. Дыккаг бон алырдыгæй æрцыдысты тæрхоны лæгтæ, æрцыд Басыл дæр. Цалынмæ тæрхоны лæгтæ уынаффæ райдыдтой, уæдмæ Басыл ныхасы бар ракуырдта. — Хорз адæм, курæг уæ дæн, æмæ цалынмæ тæрхон нæ райдыдта, уæдмæ уын зæгъон мæ ныхас. Æрцыдис, зæхх кæй нæ уромы, ахæм тæригъæддзинад, мæ хæдзарæн рахаудис йæ сæйраг цæджындз. Дон армы куы ’ркæнай, зæхмæ куа акæла, уæд æй фæстæмæ нал æрæмбырд кæндзынæ, туг та тугæй ничи ссыгъдæг кæны. Æз курæг дæн тæохоны лæгтæй, æппæт комбæсты адæмæй, ме стыр мыггагæй, æз абонæй фæс- тæмæ дæр Хæмæтимæ цæрдзынæн, нæ пæрæнбонтæ куыд хæларæй ар- выстам, афтæмæй.Кæмæй загътон, уыдонæй мачи скæнæд туг исыны кой. Зылынджынæн та рахæссут ахæм тæрхон, адæмы зæрдæмæ чи фæцæуа. Уый у мæ зæрдæ æмæ мæ зонды фæндон, æмæ йыл уæлдай мачи мацы зæгъæд. Басыл ныхас куы фæци, уæд бацыд Хæмæтмæ. Дыууæ зæронды кæрæдзийыл ныттыхстысты. Сæ зæрдæты, æгомыг кæуынмæ сæ сæртæ æруагътой хæхтæ дæр, адæмы зæрдæтæ йæм скъуыдысты. Тæрхоны лæгтæ сæ æрсабыр кодтой, стæй райдыдтой уынаффæ кæнын. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ тæрхонгæнджытæн се ’ппæты хистæр гудисаг Сиукъаты Дадте сыстад, систа йæ худ, адæммæ акаст, гъе, стæй рай- дыдта дзурын. — Махæн нæ тæрхон у афтæ, хорз адæм. Хæмæты фырт сарæзта уæззау æмæ æвирхъау, æнæныббаринаг хъуыддаг. Хæмæты фыртæн йæ ном дæр нæ дзурын, уымæн æмæ, уый ской кæныны аккаг дæр нæу. Ууыл хъуамæ не ’хсæн хур мауал кæса! Уымæн кæрдзын чи бахæрын кæна, йæ хæдзармæ йæ чи бауадза, салам ын чи радта. йæ фос ын йæ фосимæ чи ауадза, чызг ын чи радта, уыдон се ’ппæт дæр махæй фæ- уыдзысты хъодыгонд! Хæмæты фырт уæд æлгъыст æмæ хъодыгонд "чысыл Яеуахийæн йæ райдианæй суанг стыр Леуахиимæ кæм иу кæны, уыцы зæххыл цæрæг æппæт адæмтæй! Гъе, ахæм у махæн нæ тæрхон. Тæрхоны лæгтæ æмæ адæм се ’ппæт дæр разы уыдысты тæрхоныл. Тæрхоны лæг куы фæцис дзырд, уæд сыстад Хæмæт, йæ худ систа, йæ цæссыг згъæлд йæ рустыл, иу-дзæвгар йæ бон дзурын нал баци, стæй нынныхъуырдта йæ цæссыгтæ, афтæмæй райдыдта: — Уæ нæ комбæсты разагъды тæрхонгæнджытæ æмæ адæм! Æз 52
уæ тæрхоныл разы нæ дæн. — Адæм бадис кодтой. — Æз фагыл нæ нымайын уæ тæрхон! Æз, мæ мыггаг, мæ фыдæлтæ никуы ницы æвзæр- дзинад сарæзтам, зонут æй уæхæдæг дæр, фæлæ ма мын зæгъут, амæ* фæстæмæ куыд хъуамæ цæрон ацы дунейыл, куыд ма хъуамæ бакæсон сымахмæ, адæммæ, Басылмæ? Мæнæ мæ цуры бады, фæлæ мæ, дур куы фестин, уый фæнды. Цы хорздзинадмæ ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсон, йæ мадызæнæджы хуызæн æвзонг уды къæдзæхæй чи аппæрста, йæ фæндтæ йын йæ хъуыры чи фæбадын кодта, комбæсты ныфс æмæ фи- дауыцы чи амардта, уымæ? Мæ тæрхон у афтæ: сбæттут æй фидар, аласут æй куыдзау, æмæ йæ мæнæ фиййæуттæ, —- йæ фыдракæнд ын чи федта, — уыдон аппарæнт, Ацæмæзы цы къæдзæхæй аппæрста, уыр- дыгæй. Саучызджы мад æмæ фыдæй, стæй æнæхъæн Пухатæй та курæг дæн, абонæй фæстæмæ Саучызг уыдзæн мæ хъæбул. Саучызг кæд абон фæхицæн йæ амондæй, уæддæр уымæн йæ ном дардыл хъуыстгонд у йæ рæсугъддзинад æмæ йæ удыхъæдæй. Ууыл дзæвгар дзурджытæ уы- дис æмæ та йыл ноджыдæр уыдзæн дзурджытæ. Нырма æвзонг у æмæ та йæм ногæй фæхуддзæнис йæ амонд. Иæ зæрдæмæ чи фæцæуа, уый бæсты та чызджы мад æмæ фыдæн ирæд бафиддзынæн æз. Афтæ у мæ тæрхон, æмæ мын сæ куынæ сæххæст кæнат, уæд Тадтонимæ нæхн чъырын арты басудздзыстæм. Адæм се ’ппæт дæр, тæрхоны лæгтæ дæр, рог сулæфыдысты, Сау- чызджы фыд бацыд Хæмæтмæ æмæ йын йæ къух райста. Хæмæты тæрхон æмæ куырдиат æххæст æрцыдысты. Афтæмæй бонтæ цыдысты, фæлæ Саучызгæн цин нал хастой, йæ зæрдæ йæ хъазтмæ нал скъæфта, дардта саутæ. Сусæг-æргам æппын- æдзух кодта кæугæ. Иæ цæстыты бынтæ нал сур кодтой. Аивæй-иу скод- та йæ фыды мады дарæс æмæ-иу рацыд Сауацхурмæ, Ацæмæзы ингæн- мæ, фæкуыдта-иу ыл, дидинджытæ-иу ыл сæвæрдта. Дардæй-иу æй чи федта, уыдон æнхъæл уыдысты, ома, Ацæмæзы мад у. Фæлæ адæмæй ницы сусæг кæны. Букуылон базыдта, йæ чызг хæдзарæй æнæнхъæлæ- джы цæмæн фæтары вæййы, æмæ йæ хурхмæ бахаста марæн кæрдтæ, лæгъстæ йын кодта: — Æвæццæгæн, ды дæхи нал хоныс мæ чызг, æндæра ардыгæй Сауацхурмæ куыд цæуыс æнæ мæ бафæрсгæйæ? Куыд уæндыс ды цæ- уын иунæгæй, дæлæ дæм Цæргæсты сæтол лæппу скъæфынмæ куы хъа- вы, усгур лæппуты цæстытæ дæ фæдыл райвæз-байвæз куы кæнынц? Кæд дæ рæсугъд уды нал уарзыс, уæд’ махæн уæддæр батæригъæд кæн, цæмæ кæныс дæхи де знæгты фæндиаг? Ацæмæзы ды нал раудгас кæндзынæ. А-дунейыл та Ацæмæзы хуызæн, стæй хуыздæр лæппутæ нырма бирæ ис. Дард цы цæуæм, уæхи Росе нæ лæгæн дзырдта Двалу- райы цæрæг Хъазиты Джиджджийы фырт Цикъойæ. Цикъойæн йæ хис- тæр æфсымæр Леуан лекъы æфсады ныхмæ Потнисайы дыууæ боны фæхæцыд æмæ сæ сухы цагъд фæкодта, стæй йæм нæмыг куынæуал уыдис, уæд æй æрцахстой. Æппæт комбæстæ ацы хабар куы фехъуы- стой, уæд афæдис кодтой лекъы ныхмæ, фæцагътой сæ, фæлæ Леуан сæ къухы нал бафтыд. Гъе, æмæ Росейы ныхасыл дæ фыд у разы. Хорз сæ зоны. Лæппуйæ æгæр дæр ма æппæлы: Ацæмæзæй алцæмæй дæр — хуыздæр. Мæнæ тагъд уыдзысты Дауджытæ æмæ ацæуæм мæ цæгатмæ, уыдонимæ æмхуынд сты, стæй Дауджыты бæрæгбон дæр иумæ ара- зынц. Бакæсдзынæ йæм. аивæй æмæ дæ зæрдæмæ фæцæудзæн. Скæс-ма уæлæ Бестауты Мисурæтмæ, уый йæ лæджимæ фæцард æртæ азы, лæп- пу дæр ын ис, амард йæ лæг, ногæй ссардта йæ амонд æмæ, дæхæдæг зоныс, куыд амондджын цард кæны. Уæдæ, ды цы дæ зæрдæмæ ныхъ- хъуыстай? Дæхи цæмæн худинаг кæныс, адæм ахъуыды кæндзысты, ома дыл рæдыд æрцыд. Ныхас дардыл у, фæлæ сæм уыцы изæр Басыл усгур æрбакодта Цикъойы, семæ æрбацыд Хæмæт дæр. Фысымтæ акодтой кусарт. Саучызг бамбæхст, йæ зæрдæйы йæ 53
цæссыгтæй æхсадта йæхи, фæлæ æрæмбырд сты Пухаты чызджытæ æмæ кæсынц зыхъырæй Цикъомæ, стæй та Саучызгæн райдайынц пъа- тæ æмæ хъæбыстæ, цингæнгæ йын æппæлынц. . — Бæззы алцæмæй дæр, амондджын дæ, хуыцау дæ амондджынæй сфæлдыста. Дæ зæрдæ дæр дын фæриссын кодта, фæлæ та дын дæ хай фæкодта æппæтæй хуыздæр амонд. Бакæс-ма, уæртæ цы диссаджы зæды хуызæн лæппу у. Саучызджы тыххæй бакодтой, бакæсын æй кодтой зыхъырæй йæ фидæны æмкъаймæ, æмæ бахудтис. Уый та дзурæг уыдис йæ хъуы- дыйыл, ноджы цыты уазджытæ — комбæсты нымад лæгтæ-—алы зонд- джын уынаффæтæ кодтой, æмæ сæ дзырдтæ тадысты фысымты зæрдæ- тыл. Нысан раттыны æмгъуыд банысан кодтой, дæтгæ дæр æй ракод- той, фæлæ дзырд ирæдмæ куы ’рхаудта, чызджы кæнгæ фыд сын сæ зæрдыл куы ’рлæууын кодта, ома, æз мæ дзырд нæ фæсайдзынæн, сиа- хсы бæсты ирæд æз хъуамæ бафидон, уæд Саучызджы фыд Солтан ныхъхъуыды ласта: — Уæдæ кæд афтæ у, уæд æз Хæмæты ныхасы разæй нæ ацæудзы- нæн. Æз мæ чызджы тыххæй ирæд нæ исын, йæ кой дæр куыд нæ уа мæ хæдзары. Цал æнамонддзинады æрцæуы ирæды тыххæй, уый уе ’ппæт дæр зонут, мæ чызг иу хатт фенамонд ис æмæ йын уый фаг у, стæй, куыд загътон, афтæмæй мæ чызг мæ хъæбул куыд у, Хæмæты хъæбул дæр афтæ у, æмæ уый загъта йæ ныхас ирæды тыххæй раджы, фæлæ æз ирæд куы исин, уæд Хъазитæн сæ бон у дæс ирæды бафидын дæр. Уазджытæ æмæ фысымтæй дæр Солтаны ныхмæ сдзурын ничиуал сфæрæзта, чындзæхсæв кæд уыдзæнис, ууыл райдыдтой дзурын æм’æ се ’ппæт дæр хуыздæрыл банымадтой Уастырджийы бонтæ. Афтæмæй Пухаты диссаджы рæсугъд æмæ номдзыд чызгæн йæ ном ноджы тынгдæр ныхъхъæр нс. Адæм дзыхæй-дзыхмæ истой уый хорздзинæдтæ, дис ын кодтой йæ сæрæндзинадыл. Усгур лæппутæ та сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой, уымæн æмæ, Саучызг цы лæппуйæ смой кодта, уымæй исчи тыхæй исты рахæсса, уый ныфс никæмæ уыдис. Уæвгæй-та, адæм дис кодтой, кæд æмæ Саучызг йæ фыццаг уарзон Икъаты Ацæмæзæй фæхицæн, уæддæр та йæ амонд æрхаста Хъазиты мыггагмæ. Зыдтой, Хъазитæ æмæ Икъатæ иу мыггаг кæй сты, Хъази- тæн чызг чындзы куы фæцæуы, уæд æй кæй фæхонынц Икъиан. Гъе, æмæ ацы хабар адæммæ кастис диссаг, уымæн-иу дзырдтой, æвæццæ- гæн, Саучызджы хуыцау сфæлдыста ацы мыггагæн, зæгъгæ. Рухс кодта бонæй-бонмæ Хæмæты зæрдæ дæр, æппæт комбæсты адæм кæй байхъуыстой йæ ныхасмæ. Йе ’мкъай Тадтонимæ сæм æнæ- хъæн комбæсты адæм, уæлдайдæр Басылы байзæддаг, мад æмæ фыды цæстæй кæй кастысты, уый тыххæй. Фæлæ хорз адæм кæм вæййы, уым, фыдбылызæн гуырд чи фæвæййы, ахæм дæр разыны. Гъе, æмæ дын Саучызгыл цы лæппутæ дзырдтой, уыдонæй бирæтæ æвзагхæссын рай- дыдтой Уанаты æлдармæ. Ома ды куы зонис гудисаг Пухаты дисса- джы рæсугъд чызджы, уæд æй куыд хъуамæ ауадзис дæ цагъайрагæн усагæн. Æлдар та йæ тых, йæ исбоны цæсты фæкæсы, æмæ дын иухатт йае фæсдзæуинтимæ бамидæг Гудисмæ хъалон исыны æфсон. Æрфысымуат кодта Солтаны хæдзары, адæмы æрæмбырд кодта æмæ сын загъта/, райсоммæ алчи куыд æрцæттæ кæна йæ хъалон, афтæ. Солтанæн та загъта, ома, дæуæн бирæ сывæллæттæ кæй ис, уый тыххæй дæ ацы аз сæрибар кæнын хъалонæй. Æлдарæн акодтой кусарт, фынгмæ фæдзырдтой хъæубæсты хис- тæр Росе æмæ цалдæр дзырддзæугæ лæгмæ. Минас куы фесты, уæд алчи йæ хæдзармæ фæфардæг ис. Букуылон æрбахаста хъæдын тас хъарм. донимæ, цæмæй æлдары къæхтæ ныхса, фæлæ йæ æлдар нæ бауагъта, ома, дæ чызджы æхсад мæ хъæуы. Букуылон загъта Сау- 54
чызгæн, ома, ныхс æлдары къæхтæ. Саучызг нæ разы кодта, фæлæ йæм> йæ мад бахатыд, æмæ уый дæр дыууæ нал загъта. — Ай дын цæй диссаджы фæлмæн æмæ хъарм къухтæ ис. Æз нæ зонын, къах æхсын кæуыл æмбæлы, ды та мын дæ дæрзæг къухтæй хъа- выдтæ мæ къæхтæ æхсынмæ, — æмæ йе ’рмттæ æруагъта Саучызджы дзыккутыл, йæ рустыл. — Ды хъуамæ уай номдзыд æхсин мæ хъæзныг хæдзары. Æз дæуæй сараздзынæн æппæтæй хъæзныгдæр æхсин! Саучызг фырмæстæй ныррызтис, фæлæ йæхи уромы. Æлдар йæ къухæй райста стыр сыгъзæрин къухдарæн æмæ йæ тасы ныппæрста. Уый фæстæ æргуыбыр кодта, æмæ Саучызгæн хъуамæ апъа кодтаид. Саучызг фестадис, тас фелвæста æмæ йын йæ дон æлдарыл бакалдта, гас та йын йæ сæрыл фæкодта æмæ æлдар, хуыйау, афæлдæхт. Иæ хъæрмæ æрбакалдысты бинонтæ, æлдары фæлдæхтæй куы ауыдтой, уæд фæдис сты. Саучызг æлдары, митæ радзырдта йæ мадæн. Мад ныцъцъæхахст кодта, мады цъæхахстмæ сыхы адæм дæр æрбауадысты. Хабар куы базыдтой Саучызджы æфсымæртæ æмæ Пухаты лæппутæ. уæд сæ хъаматæ фелвæстой, фæлæ сæ разы æрлæууыдысты Росе æмæ иннæ хистæртæ. — Басабыр ут, уæ хъаматæ фæстæмæ сæ кæрддзæмты нывæрут. Уый нæ чи фехъуса, Пухатæ сæ уазæджы хуыйы æргæвст ныккодтой, уыцы ирон лæг махæн нæ къух нал райсдзæн, йæ фынгмæ нæ ничиуал бауадздзæн. Кæд ма фехъуыстат, ирон лæг йæ уазæджы амардта? Фæфардæг ут уæ фæрнæйдзаг хæдзæрттæм. Æлдары æз акæндзынæн нæхимæ, ам уымæн бынатнал ис, — Росе аздæхт æлдармæ. — Цом, ме- мæ рацу, æндæра удæгасæй дæ хæдзарыл нал сæмбæлдзынæ, нæ хорз «æлдар». Худинаджы бын фæкодтай дæхи, мах та фыдбылызы æппæр- стай. Дыккаг бон æлдар сæумæрайсомæй рафардæгис фæстæмæ, фæлæ уæддæр æртхъирæнтæ кодта: — Ам лæппу ма уæд, æз уын уæ чындзæхсæв хистмæ куы нæ аз- дахон. Æз паддзахы æмсæр лæг дæн æмæ сымах та чи стут? Хабар фехъуыстой Хъазитæ æмæ Икъатæ, кæм ма уромынц сæ маст. Хистæртæ æрсабыр кодтой фæсивæды, фæлæ Цикъо кæм лæууы. Сусæгæй æхсæвыгон æрмидæг Уанатмæ. Сбæрæг кодта, æлдар цы уаты ис, уый æмæ æвиппайды, æлдар æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ йæ уæл- хъус алæууыдис. — Дæ бынатæй ма фезмæл, сыбыртт дæр ма скæн, æндæра дæ фæ- мард кæндзынæн, — бартхъирæн æм кодта. Æлдар бамбæрста, фыдбылыз æм йæхи къахæй æрцыд. — Дзур, цы дзуринаг дæ, хъусын дæм. — Ды Гудисы уыдтæ æви’ нæ? — Цикъойæн йæ маст æнхъæвзта йæ цæстытæй. --Æмæ чи дæ ды? — æлдар рызт гæдыхъæдау. — Æз Цикъо дæн, фæлæ дын ацы хатт хатыр кæнын мæ каистæ æмæ мæ мыггаджы хистæрты номæй. Æз ардæм рацыдтæн уыдон æва- стæй, ирон кæстæрæн та цы фæнды хъуыддаг дæр уыдон æвастæй саразыны бар нæй. Фæлæ ма дæ уыцы чызджы кой скæнгæ фехъуы- стон!.. Æлдар уымæй фæныфсджын æмæ йыл ныхъхъæр кодта: — Ацу ныр дæ хæдзармæ, æндæра куы фæдзурон мæ фæсдзæуин- тæм, уæд дæ хæдзар нал ссардзынæ! Æлдары хъæрмæ æрбауадысты йæ ус æмæ йæ чызг. Ус Цикъойы куы ауыдта, уæд фæуадзыг. Цикъо та рудзынгæй агæпп ласта... Æлдары фæдисы хъæрмæ йæ фæсдзæуинтæ æрбакалдысты, æмæ сыл фæбогъ кодта: — У, джауыртæ, кæм мæрдты уыдыстут, ам мæ марынмæ Цикъо куы æрцыд, уæд?! Ныртæккæ йæ асурут æмæ мын æй удæгасæй ам мæ 55
разы æрбалæууын кашут, æндæра уæ иуы дæр удымидæг нал ныууадз- дзынæн, хуытæ! Тагъддæр, тагъддæр! Фæсдзæуинтæ рагæппытæ кодтой, абадтысты сæ бæхтыл æмæ су- рын райдыдтой Цикъойы. Цикъо дардмæ фехъуыста бæхты къæхты хъæр æмæ фæсабыр кодта йæ цыд. Фæсдзæуинтæ æхсынц, тæрынц сæ бæхты, фæлæ сæ иу уыдис Цоцитæй Хъæндил, æмбаргæ лæг. — Фæлæуут-ма, уæ хорзæхæй, — дзуры сæм. — Кæй сурæм, уый зонут? Æнцад æрлæууæм, æндæра уый куы базона, мах æй фæстийæ сурæм, уæд æруромдзæн йæ бæх искуы талынджы, æмæ нæ мæйрухсмæ иууылдæр скуынæг кæндзæн. Чи у сымахæй ахæм лæг, уымæ йæ ныфс чи бахæсса? Уый нæмыгæй нæ тæрсы, кард та йæ кæрдгæ нæ кæны. Гъе, стæй зонут, Хъазитыл цы æмбисонд ис? Нæ фыдæлтæй сыл баз- зад ахæм æмбисонд. Хъазийы хъазт, дам, фæкæн... Æмæ аздæхæм фæстæмæ. Æлдарæн æз зæгъдзынæн, ома йæ фæсырдтам Тохъмайты бынмæ, фæлæ йæ нæ баййæфтам. Æвæццæгæн, уый ам кæмдæр у æм- бæхст æмæ та æрбацæудзæн дæ марынмæ, æмæ йæ æрцахсдзыстæм. Мæлын ка*й фæнды? Уыдон дæр байхъуыстой йæ зондмæ æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Æлдары, куыд бадзырдтой, афтæ афæлывтой, æмæ сæ бамбæхсын кодта галуаны алыварс, мæ къухы мын æй удæ- гасæй бафтаут, зæгъгæ, æз дам, уымæй, гæды мыстæй куыд фæхъа- за, афтæ куынæ фæхъазон, уæд цæй лæг дæн, йæ рæсугъд усаджы та йын йæхи къахæй хъуамæ æркæнын кæнон ардæм мæ фарсмæ,—æрт- хъирæн кодта. Æлдар ахуыссын кодта йæ рухсытæ æмæ æхсæв-бонмæ бæгъæвва- дæй, йæ къухы дамбаца, афтæмæй зылд хатæны иу къуымæй—иннæмæ, Цикъо та йæ хæдзары фынæй кодта æнцад-æнцойæ. Уæддæр æлдар не ’рсабыр, æхсæвæй-бонæй йын æрæнцой нал уыд, тарст Цикъойæ æмæ йæ фæсдзæуинты фæфылдæр кодта дыууæ хатты. Ноджы йæм Цикъойы знæгтæ цынæ фыдныхас хастой, Цикъо кæд æмæ бынтондæр æлдары кой никуы ракодта адæмы ’хсæн, уæддæр. Уыдон фæрцы базыдта чындзæхсæвы бон, цы фæндагыл рацæудзысты чындз- хæсджытæ. Ныффæнд кодта цæмæй сæ разы бабадой æмæ амарой Ци- къо æмæ чындзхæсджыты, Саучызг та удæгасæй сæ къухы куыд баф- та. Алцыдæр сарæзта, цæмæй йæ фæндон сæххæст кодтаид æмæ йæ маст суагътаид. Йæхæдæг рынчынæфсон скодта, адæмыл айхъуысын кодта, ома, тынг фæрынчын æмæ йæ Калакмæ аластой йæ фæсдзæуин- тæ. Афтæмæй æхсæвыгон æд хъузæттæ ацыд Тохъмайты бынмæ чындз- хæсджыты размæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ бамбæхстысты хъæ- ды. Гудисы чындзæхсæв ахаста суанг æмбисæхсæвтæм, гъе, стæй чындз- хæсджыты рафæндараст кодтой. Чындзхæсджытæ боны цъæхæй æр- зындысты Хуриты æфцæгæй. Хуритæм куы рхæццæ сты, уæд сын сæ размæ хуын рахастой, цин сыл кодтой, фæлæ Хуриты Мистал хибарæй фæдзырдта Цикъомæ. — Дысон уыдтæн куыройы æмæ мыл хъæдæй бæхы уасын фæцыд, цыдæр фыдбылыз æнкъарын æмæ уæхи бахизут. Цикъо бамбæрста хъуыддаг, фæлæ Мисталæн ницы схъæр кодта. Хуритæй куы рацыдысты, уæд сæ Цикъо Гæнасуры фæндагыл ракодта, йæхæдæг аивæй систа чырынæй Саучызджы кæлмæрзæн, къаба æмæ сæ йæ хызыны нывæрдта. ’ Чындзæмбæлтты æрурæдта хъæды, ома, бæхтæ чысыл аулæфой. йæ кæстæр æфсымæр Джыбыцы æмæ, йæ зæрдæ кæуыл дардта, уы- донæй ракодта æртæйы, ома, мах, дам, фæндаг абæрæг кæнæм Уануры куыройы цур. Се ’мбæлттæ сæ куыд нал уыдтой, афтæмæй Цикъо ха- бар бамбарын кодта лæппутæн. Джыбыцыл та акодта Саучызджы да- рæс, æмæ фæцæуынц фæндаг-фæндаг. Уануры куыроймæ нæма æр- хæццæ сты, афтæма*й ауыдта, æлдар хъæдæй рагæпи кодта цалдæр фæсдзæуинимæ. — Ныр мæ къухы дæ, джауыр, нал мын аирвæздзынæ! — багæрах кодта Цикъойы, фæлæ нæмыг дзæгъæлы ацыд, дыккаг æхстæн та йæ 56
дамбаца фæсыкк, æмæ йæ Цикъо хъамайы фындзæй йæ разæй айста айнæджы былмæ. Æлдар айнæгæй куы атахт, уæд ма ныккодта иу зæрдæхалæн богъ, æмæ уымæй æркалдысты йæ хъузæтты уæнгтæ дæр. Ноджы, «Саучызг» кæй багæрах кæны, уый куыд фæуæлгоммæ вæййы, уый куы ауыдтой, уæд сæхи аппæрстой хъæдмæ. Иу-цалдæрæй ма аирвæзтысты цæфтæй, иннæтæ се ’ппæт дæр ца- гъды фесты. Топпыты гæрæхтæм фæфæдис сты иннæ чындзхæсджытæ дæр, Саучызгæн бадон йæ къæхты ’магъз, кæм ма у йæ бон лидзын. Цикъойы урс цухъхъа тугæй ах’уырстæй куы ауыдта, уæд фæуадзыг, тых æмæ ма йæ фыдæй æрчъицын кодтой, фæлæ та Цикъойы тугамæ- хстæй куы ауыдта, уæд та йæ рустæм фæлæбурдта. Цикъо йæ къух хæрдмæ фæхъил кодта æмæ сдзырдта: — Цæмæй тæрсыс, куыдзы хæстæй лæг нæ мæлы! Мæнæ мæ цон- джы фæлмæны ацыд нæмыг, æмæ дзы туг рахъардта. Йе ’мбæлттæй дæр цалдæрæй рог цæфтæ фесты, фæлæ дзы уды тас никæмæн уыдис. Саучызг сыл ризгæйæ хаста йæ тарст цæстæнгас, æмæ иууылдæр йæ цуры куы уыдысты, уæд ын чысыл фенцондæр. Фæ- лæ ма кæм цыд йе ’муд, ныффæлурс ис, тыхулæфт ма кодта. Цæфтæ сæ цæфты бастой. Хистæр уазæг нымæттухæгæн сисын кодта йæ фæн- даггæгтæ æмæ скуывта: — Уæ хуыцау, Уастырджи, не скæнæг дзуæрттæ, алыхатт нæ хи- зут фыдбылызæй. Уæ хуыцау, кæд мах абон исты рæдыдыстæм, уæд нæ ам цавддуртæ фестын кæн. Уæ хуыцау, куыд раст кувын, афтæ нын алыхатт нæ хъуыддæгтæ раст уадз, ды æвзар раст æмæ зылыны, раст лæгæн-иу æххуыс кæн, зылын лæгæн та у аккаг æфхæрæг. Саучызг та фæсфæд акодта йе ’фсымæры æмæ йын дзуры: — Æз дзурдзынæн æмæ мын мæ дзырдтæ хъусын кæн хъæрæй. Мæнæн дзурæн нæй, куыд чындз, афтæ. Мæнæн ардыгæй дарддæр нæй фæндаг дæр, æз, æвæццæгæн, райгуырдтæн адæмы фыдбылызæн. Акæс- ма, Ацæмæз дæр мæн тыххæй фесæфтис, ныр та мæнæ цы фыдбылызы митæ цæуы. Абонæй фæстæмæ ма цæйнæфæлтау мæн тыххæй исчи амæла, фæлтау æз мæхи амардзынæн. Цикъо æмæ йæ мыггаг дæр фыд- былызы мæн тыххæй бахаудтой. Мæнæн мæ фæндаг сыгъд у. Æвæц- цæгæн, мæ хуыцау уымæн равзæрын кодта, цæмæй адæм мæн тыххæй кæрæдзи цæгъдой. Уæ хуыцау, цавддур мæ фестын кæн мæ бынаты! Саучызджы æфсымæр чындзхæсджытæн радзырдта йæ хойы хъуьь Ды æмæ се ’ппæт дæр фесты арвы цæфау. — Нæй уый гæнæн! — сдзырдта хистæр уазæг. — Мах нæ чындзы нæ ауадздзыстæм æрдæгвэендагæй тасы тыххæй, фæлтау не ’ппæт дæр цæттæ стæм мæлæтмæ. Мах уый нæ сæрмæ нæ бахæсдзыстæм нæ удæ-. гасæй! Цы хъуамæ зæгъæм -стæй нæ хистæртæн? Нæй уый гæнæн, фæлæ цæугæ. Саучызг ныккуыдта æмæ дзуры йе ’фсымæрæн: — Ныууадзæнт мæ, мæ фæндаг сыгъд у! . Æмæ йын уæд Цикъо афтæ зæгъы: — Цæйнæфæлтау Саучызг ардыгæй аздæха, фæлтау æз цæттæ дæн мæлæтмæ. Ахæм æгады хъуыддаг мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн, нæ фæ- худинаг кæндзынæн мæ мыггаджы дæр æмæ Пухаты дæр, — æмæ æр- сабыр кодта Саучызджы. — Лæг иу хатт райгуыры æмæ иннæ хатт амæлы, æгады цардæй кадджын мард хуыздæр у. Кæсыс, мæнæ æл- Дар фæмард æгадæй, æз куы фæмард уыдаин, уæд мæ мард та уыда- ид кадджын, уымæн æмæ æз хъахъхъæдтон мæ сæрибардзинад, нæ адæмы кад. Адæм зонынц, чи у раст æмæ зылын. Цæрæнбонты нын æл- Дæрттæ нæ туг нуазынц, хынджылæг нæ кæнынц, мах та цы аразæм, барæм сын сæ цъаммар митæ.. Ам æлдæртты тыххæй мæнæн мæ бон нæу тæрхон кæнын нæ хистæрты æвастæй, фæлæ мæм кæд дæ зæр- Дæйы ис уарзондзинад, уæд цæугæ немæ, кæд мæм дæ зæрдæйы дур 57
ис, уæд та дæ кад æмæ радæй хъуамæ сæмбæГлын кæнон дæ хиуæттыл. Саучызгæй æрбайрох ирон æфсæрм дæр, ныттыхстис Цикъойы хъуырыл æмæ ныккуыдта: — Уарзын дæ мæ удæй фылдæр, фæлæ тæрсын, дæуæн дæр та æна- монды хос куы фæуон. Цикъо та æууæндыд йæ хъаруйыл, æмæ чындзхæсджытæ басхуы- стой сæ бæхты. Æппæт кæмтты айхъуыст, æлдар йæ цъаммар миты тыххæй мард кæй фæцис йæ фæсдзæуинтимæ. Адæм сызмæлыдысты, æрцыдысты Дуалурамæ, Хæтæнтæм, Джиджджийы стыр хæдзармæ, Джиджджи адæмы куы федта, уæд ын уыд стыр æхсызгон, аргæвста цалдæр галы, бирæ фыстæ. Иæ чындзхæсджытæ йыл сæрæгасæй кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй куывд дæр кодта æмæ чындзæхсæв дæр. Адæмы та ба- фæдзæхста, цæмæй æлдæрттæ куы цæуой сæ туг исынмæ, уæд сын дзуапп радтой кард æмæ нæмыгæй. Иæ фидар ныхас уыд: — Мах стæм адæм, æлдæрттæ та нæ кæнынц хынджылæг, нæ нæ нымайынц адæмыл, фыдудæй нæ марынц. Сиу кæнæм нæ тыхтæ, иу- нæджытæй мах уыдоныл нæ фæтых уыдзыстæм. Кæсут, Усанет æмæ Хъуды абырджыты куыд скуынæг кодто’й, махæй та чидæртæ уыд æлдæртты фарс æмæ цыдысты Усанет æмæ Хъуды абырджыты ныхмæ. Уыдон абырджытæ нæ уыдысты, фæлæ тох кодтой сæ сæрибардзинады сæрыл. Тох æмæ тох, мæ хорз хистæртæ æмæ кæстæртæ, æндæр фæн- даг нын нæй. Æз райсом цæуын Ортъеумæ, Цоциты Хъæлцимæ æмæ йын саразын кæндзынæн гæххæтт, æлдар .æмæ йæ фæсдзæуинтæ цæй тыххæй фесты мард, уый фæдыл, æмæ йæ ныххæсдзынæн Каралетмæ не ’лдар Ерыстауты Конамæ. Мах уый къухы стæм,.цæмæй уый ’зона рæстдзинад æмæ йæ фехъусын кæна Калакмæ, губернатормæ. Сымах та фæдзæхсын, цæттæ куыд уат тохмæ. Алы мæсыгы дæр бауромут хъахъхъæнджытæ, цы мæсыгы ’рдыгæй фæзына знаг, уыцы мæсыгы ссудзæт арт, æмæ-иу уырдæм тындзут æххуысмæ. Потнисайы æрбацæ- уæнтæ уадзæм Икъатæ, Хъазитæ, Бибылтæ, Болататæ æмæ Джиголаты фæсивæды бар, уыдон цыфæцды знагæн дæр ратдзысты æмбæлон дзуапп. Гъе, афтæ бакæнут, уæ рын бахæрон. Тас кæцырдыгæй уа, уы- цы бынæтты-иу зæрæдты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты бафснайут æдас бынæтты. , - -!?:| Адæм се ’ппæт дæр уыдысты разы, æрмæст Гæмсыр ницы дзырдта. Джиджджи зыдта, уый æлдæрттæм кæй у сусæгæй æвзагхæссæг, фæлæ йæхи афтæ дары, ома йæ нæ зоны. Гæмсыры æвзагæй бирæтæ æрцы- дысты æфхæрд Ерыстауы æлдарæй. Иурæстæджы ныццыдис Каралетмæ æмæ æлдарæн радзырдта:' — Не стыр æлдар, фарн дæм бадзурæд, фæлæ мæ бон нал у, Джиджджи дæм куыд æртхъирæнтæ кæны марынмæ, уымæ хъусын. Адæмы а[\~ «уы дæ ныхмæ, ма, дам, ын фидут хъалон. Иу найгæнæнты æлдар дæр бацыд \Джиджджимæ йæ фæсдзæуин- тимæ, цæмæй йæ карзæй бафхæра. Джиджджи най кодта, мусы йын уыдысты фараст цæды фыццаг ифтыгъд уæнгуытæ. Æлдар фæхъæр кодта Джиджджийыл: — Ныртæккæ рауадз уæнгуыты æмæ сæ хъуамæ аскъæрон! Кæй марынмæ хъавыс, адæмы кæй ныхмæ ардауыс? — Уæ нæ хорз æлдар, хуыцау æмæ нын нæ хæхты дзуæрттæ уæнт тæрхонгæнæг, фæлæ дæм бауæндон дзурын. Кæд а-комбæсты Гæмсыр- æй лæгдæр никæй зоныс, уæд нæ Уастырджи бынсæфт фæкæнæт сты- рæй-чысылæй. Цы у Гæмсыр, нæ комбæсты хистæртæ йæ сæ цурмæ бадынмæ куы нæ уадзынц, ды дæхæдæг дæр йæ хæдзары дæ сæрмæ куы нæ хæссыс кæрдзын бахæрын, уæд ыл куыд æууæндыс? Бафæрс адæмы мæнæй суанг Каралетæй уæлæмæ, æндæра мæ æвзæр цы зæ- гъиккой. Кæд дæ мæ галтæ хъæуынц, уæд дын лæвар фæуæнт, фæлæ 58
Гæмсыры фыдæнæн фидæн ацафон мæ мусы зилдзæн æстдæс цæды фыццагифтыгъд галтæ. Ныр та сихорафон у, æмæ дын фысым уыдзы- стæм. Джиджджийы ныхас фæцыд æлдары зæрдæмæ, æмæ æрфистæг. Куыннæ йын акусарт кодтаиккой, фæхынцыдтой йæ зæрдæйы фæндиаг æмæ бахъонагъ сты, Гæмсырыл та йæ зæрдæ фæхудт. Ныр дæр Джиджджи хатыд Гæмсыры сусæгвæндтæ, фæлæ ных- хуыдта йæ дзых, нæ йæ фæндыд хъуыддаг ноджы карздæр кæнын. Дыккаг бон рацыдис Ортъеумæ Цоциты Хъæлцимæ. Хъæлци йæ рæстæгмæ гæсгæ уыд стыр ахуыргонд; æмæ йæ бон цы уыдис, уымæй æххуыс кодта мæгуыр адæмæн. Цоциты Хъæлци æвиппайды бамбæрста Джиджджийы æрцыд, хъуыстгонд ын уыдысты хабæрттæ, æмæ сæ ныф- фыста, куыд æмбæлы, афтæ. Иумæ дзæвгар фæныхас кодтой адæмы зын царды хабæрттыл æмæ фæстагмæ сæ ныхас æрцыд иу хъуыддаг- мæ, ома, æрцæудзæн рæстæг æмæ адæм ныппырх кæндзысты се ’фхæр- джыты, цæрдзысты сæрибарæй, фæлæ йыл бахъæудзæн бирæ туг нык- калын. Джиджджи гæххæт фыссæггаг лæвæрдта Цоцийы фыртæн, фæлæ сæ уый нæ айста, æмæ уазæг араст Каралетмæ Ерыстауы æлдармæ. Æлдарæн зындгонд уыдысты хабæрттæ, æмæ йын радзырдта, губер- натор сæм тынг кæй æртхъирæн кæны, кæй цæттæ кæны Тбилис æмæ Гурæй полицийæгты æфхæрæг къорд æмæ кæй уыдзысты ацы бонты Сауацхуры. Джиджджи йын йæ разы’æрæвæрдта йæ куырдиат, æлдар æй бакаст сæрæй бынмæ æмæ йын загъта, ома дын мæ бон ницы у баххуыс кæ- нын. Джиджджи йæм бахатыд, цæмæй йын йæ хъаст фæхæццæ кæна губернатормæ æмæ йын радзура, фыдбылыз куыд æрцыдис, уыдон иу- уылдæр. Ерыстау æлдар дзырд радта Джиджджийæн, ома, фехъусын кæндзынæн губернаторæн æппæт дæр, фыст куыд сты, афтæ, фæлæ уæ, зæгъгæ, уæддæр æвыдæй нæ ныууадздзысты. Джиджджи æлдарæн радта æхца æмæ рафардæг сæхимæ, уæнтæхъил æмæ æрхуымзæрдæйæ. Уанатмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд Жожиты куыройы цур, къу- тæрты, йæ размæ бабадтысты æлдары фæсдзæуинтæ, фондзæй йæ æм- æхст фæкодтой, фæлæ йæ амондæн фæцис иу рæуæгау цæф. Иæ бæхæй æргæпп кодта, æмæ, куыройы уæллаг фарс цы къæдзæх ис, уым æрæм- бæхст. Иæ фидаргонд бынатæй сæ райдыдта æхсын æмæ сæ фæмард кодта æртæйæ. Æхстмæ Уанатæй рамбырд сты æлдары иннæ фæсдзæуинтæ дæр. Куы йæм æрбаввахс сты, уæд йæ бæхыл абадт, фæстæмæ йæ фæзылдта Къохаты ’рдæм, фæстейæ ма.йæ æхстой, фæцис дыууæ уæззау цæфы, фæлæ ма уæддæр бахæццæ Тлиахъанайы хъæуы Будзитæм. Уыдон æй бæхæй æристой, фæлæ йæ уд систа. Будзитæ арвыстой Хæтæнты хъæумæ фидиуæг. Ногæй та сызмæлы- Дысты Потниса æмæ Чысыл Леуахигомы адæм, фæлæ сæ æрсабыр код- той Бибылты Росе æмæ Икъаты Хæмæт. Росе фæсивæдмæ фæсидтис: — Уæ, мæ кæстæртæ, уæ рын бахæрон, ардæм-ма æрбайхъусут. цы арт æвиппайды ныггуыпп кæны, уый судзгæ дæр æвиппайд акæны. Уæдæ, тагъд дон дæр фурды не ’ййафы. Мæнæ нæ комбæсты уæздан- Дæр лæг фæмард знаджы къухæй, æмæ уал æй йæ сыджыты хай ба- кæнæм, гъе, стæй хъуыддаг йæхи амондзæнис. Адæмыл уал айхъуыса Джиджджийы марды хабар, базоной, аххосджыны: Джиджджи æви æлдæрттæ. Мæ фæстаг куырдиат у мæнæн, Цикъо, дæумæ. Ды ай- размæ дæ хистæрты æвастæй ацыдтæ Уанаты æлдармæ æхсæвыгон, æмæ дын дзурын, куыддæр ма ахæм ми бакæнай, — махæй уыдзынæ хъодыгонд. Масты фæдыл алыхатт цæуын нæ хъæуы. Ныр ацæуæм æмæ зианы æрбаласæм. 59
Æрбаластой Джиджджийы мард. Адæм куыдтой, ниудтой, сæхи тыдтой. Æрмæст Джиджджийы мардыл нæ куыдтой æмæ ниудтой, сæ зæрдæтæ æнкъардтой, уый фæстæ сæм кæй æнхъæлмæ каст стыр- дæр туджы зæйтæ. Уæлдайдæр та йæхи мардта Саучызг, хистæрты цур нæ уæндыд кæуын, фæлæ йæ файнустытæ æмæ чызджытимæ йæ хъар- джыты дзырдта, ома, ай æппæт фыдбылызтæ мæн тыххæй цæуынц. Су- сæгæй аскъуыддзаг кодта, Сослан Ацæмæзы цы къæдзæхæй аппæрста, уырдыгæй йæхи авзила, фæлæ йын йæ фæнд йæ мад æмæ æфсин фæ- хатыдысты — æппынæдзух каст Икъаты къæдзæхы ’рдæм, æмæ фæн- дæгтæм. Уый тыххæй йæ иунæгæй къахавæрын никуыдæмуал уагътой. Хисты адæм куы сыстадысты, уæд та сæм Хæмæт йæхимæ фæдзырдта Цикъоимæ. — Хчьусут-ма мæм уæ дыууæ дæр. Цы уын дзурон, ууыл нæ куын- нæ зæгъат абон дæр æмæ сом дæр. Мах цæрæм уæззау дуджы, нæ цард у афтæ арæзт, æфсымæр æфсымæры кæйдæр ардыдæй кæм мары. Ды, мæ хъæбул, Ацæмæзы фæстæ цалдæр хатты мардтай дæхи, æмæ дын уый мæ зæрдæмæ нæ ца&уы. Æз мæ иунæг хъæбулыл худинаджы тæр- хон мæхæдæг скодтон, фæлæ ма мæм æрбакæс — хур мыл кæсы, адæм- имæ дзурын, адæм мын тæригъæд кæнынц, кæмæн цы йæ бон у, уымæй мын æххуыс кæны. Мæ лæппуйы фæстæ мæхи куы амардтаин, уæд дзы цы фæпайда кодтаин? Афонмæ ферох уыдаин, абон та мæм адæм дзу- рынц: «Рауай, Хæмæт, иумæ абадæм фынгыл, аныхæстæ кæнæм». Цард у тох, æмæ тох кæнын хъæуы. Сымах нырма æвзæнгтæ стут, уæ фидæны цардыл хъуамæ х,ъуыды кæнат æмæ йæ аразат. Уæ цард адæ- мы зæрдæмæ хъуамæ цæуа. Цы уæ бон уа, уымæй хъуамæ адæмæн æх- хуыс кæнат, адæм уæ уой бузныг. Гъе, æмæ мæ уд уæ нывонд фæуæд, фæдæн мæ ныхас. Æвзонг æмкъæйтты бон йæ ныхмæ ницы сдзурын баци. Хистæй адæм куы сыстадысты, уæд сыл сæмбæлд ныхас, ома, гу- бернатор æрбарвиты полицийы æфхæрæг къорд, Потниса æмæ Чысыл Леуахийы был цы адæм цæрынц, уыдон ныхмæ, æмæ хъæр, хъæлæба, æртхъирæнтæ сарæх сты. Адæмыл сæ цæст ахастой Сиукъаты Даде, Пухаты Росе æмæ Къæ- булты Гæуыз. Росе размæ ралæууыд æмæ райдыдта дзурын: — Уæ, хорз адæм, æрцыд нæ сæфты дуг, фæлæ нæ хъæуы лæджы- гъæд, сæрæндзинад, бахъахъхъæнæм нæ сабиты, нæ чызджыты, нæ сæ- рибардзинад. Потниса æмæ Чысыл Леуахигомы адæм бахъахъхъæндзы- сты дыууæ комы æрбацæуæнтæ, Хъазиты Джиджджи куыд загъта, афтæ; мах та — æппæт Гудис æмæ Гнугъы æрбацæуæнтæ. Æххуыс че- рдыгæй бахъæуа, уыдон та-иу ссудзæнт арт: махæрдыгæй -*- Бæрзонд дзуары мæсыгæй, Потнисагомæй та — Икъаты мæсыгæй. Æз æнхъæл дæн, бамбæрстат мæ, нæхи æгадмæ ма æруадзæм. Мах никæмæй стæм зылынджын, фæлæ нын нæ туг чи нуазы, уыдонæй ма фæфæсфæд кæ- нæм нæ кард. Ныр цæугæут æмæ алчи йæхи дарæд цæттæ. Фæстейæ чи фæлæууа, уый та-иу мах æхсæн йæхи макуыуал равдисæд. Адæмыл се ’хсæв нал бон кодта, кастысты стыр фыдбылызмæ. Цæ- мæй зыдтой, Каралеты Ерыстау æлдар губернаторæн кæй радзырдта æппæт дæр, куыд уыдысты хабæрттæ, гъе, стæй Джиджджийы дæр куыд амардтой. Губернатормæ Ерыстау æлдары ныхас афтæ фæкаст, ома, уый сæ фарс хæцы, æмæ йыл фæхъæр кодта. Ерыстау æлдар йæ- хиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ афтæ зæгъы: — Хуыцау уæд тæрхонгæнæг мæ ныхæстæн, æз иу дзырд дæр уæл- дай ницы загътон. — Бирæ ма дзур, фæлæ тæккæ иннæбонмæ дæ фæсдзæуинтæ нæ разы хæстæввонгæй куыд лæууой! 60
Цы ма загътаид Ерыстау æлдар дæр, пъырыстыфы дзырд арвы гæрахæй уæлдай нæ уыд. Æртыккаг бон Каралеты æрлæууыд Гуры полицийы стыр къорд, семæ баиу сты Ерыстау æлдары равзаргæ фæсдзæуинтæ дæр. Изæр- мæ схæццæ сты Уанатмæ, се ’хсæв арвыстой уым. Райсом раджы фез- мæлыдыстьг, фæлæ Потнисагомы адæм дæр фынæй нæ кодтой, минæвæрт- тæ сæм Уанатмæ нырвыстой, ницыгæнæг, дам, стæм æмæ нæ ныууа- дзут нæ адыл. Фæлæ сын пъырыстыф сæ минæвæртты снæмын кодта ехсытæй, афтæмæй сæ ратардтой. Уый ноджы базмæста знæт адæмы. Сæ мастæн кæрон нал уыдис, афтæмæй згъордтой сæ хæстон бынæт- тæм. Æмбисондæн баззад Саучызджы фæнд, уый комкоммæ загъта Цикъойæн, ома, æз дæр хъуамæ уон уæ цуры æмæ хæцон: кæд мæлæм, уæд иумæ, мæнæн, зæгъы, æндæр фæндаг нæй. Цикъойæн дæр ма цы гæнæн уыдис, рахаста йь/н йæ фыд Джиджджийы хæцæнгæрзтæ. Цикъо, Саучызг æмæ се’ мбæлттæ æрлæууыдысты Уануры фæзилæны. Æмбис- бон фæцæй кодта, афтæ Потнисайы суары цурæй æрбазынд æфхæрджы- ты къорд. Æфхæрджыты балы сæр куы бахæццæ ис Тохъмайты мустæм, уæд сыл Потнисайы доны дыууæ фарсæй нæмыг райдыдта ихуарæгау. Схъомпал сты. Цалдæрæй фæмард сты. Æхсынц, фæлæ никæй уынынц, æмæ нæмыгсафæн кодтой. Æфхæрджыты къорды раздзог, хидистауаг æлдар Цицишвили Дато йæ урс бæх размæ æрбатардта. Бæх йæ фæ- стаг къæхтыл слæууыднс, афтæмæй æлдар фæстæмæ фæкастис æмæ ныхъхъæр кодта: — Размæ, размæ æмæ сæ бынтондæр скуынæг кæнæм! Уыцы уысм Саучызг фæгæпп кодта йе ’мбæхсæн бынатæй æмæ фæхъæр кодта æлдармæ: — Гъе, урс бирæгъ, дæ хæдзарыл удæгасæй нал сæмбæлдзынæ. Кæй дæм арвыстам хонæг? Æфхæрджыты къорд Саучызджы куы ауыдтой хотыхджынæй, уæд фæджихау сты. Æлдар æм йæ винтовкæ фæцарæзта, фæлæ Саучызджы нæмыг фæраздæр, бæхæй йæ равзылдта. Нæмыг сæмбæлд йæ сæрыл. Саучызг та амбæхст Цикъойы цур æмæ сæ райдыдтой æмæхст. Кæмæ фæцаразынц сæ винтовкæтæ, уыдон æвиппайды асхъиуынц сæ бæхтæй. Æфхæрджытæ æхстой, Саучызг æмæ Цикъо кæм уыдысты, уырдæм. Саучызгæн йæ рахис уæраджы фæлмæны ацыд нæмыг. Уæддæр цы уд- видар разынд! Ие ’мкъаймæ бакодта тыххудт: — Цикъо, æхс уал ды, иу дæр дзы йæ бынатæй ацырдæм куыд нæ ’рбакъахдзæф кæна. Æз уал, мæнæ мæ уæраджы сындз фæныхст, æмæ уый сисон. Иæ кæлмæрзаен фелвæста æмæ йæ абаста, стæй Цикъоимæ сæ бы- нæттæ аивтой: аивæй комы слыгъдысты æмæ æрæмбæхстысты иу къæ- дзæхы цур. Æфхæрджытæй се ’рдæм чи цыдис, уыдон-иу æвиппайды фæмард кодтой. Иннæ фæдисонтæ дæр сæ донæн йæ дыууæ фарсæй æхсынц æмæ сæ сухты цагъд кæнынц. Æфхæрджытæн сæ фылдæр фæцагъды сты, дзæвгар та дзы цæфтæ фесты. Чи ма дзы уыдис йæ сæрæн, уыдон лидзыны къахыл ныллæууы- дысты. Фæлæ Уанаты æлдары фырт нæ уагъта йæ тох, хъæр кодта: — Размæ, размæ! Æз Саучызджы цалынмæ удæгасæй не ’рцахсон, уæдмæ мæ тох нæ ныууадздзынæн! Саучызг æмæ Цикъо фехъуыстой æлдары хъæр æмæ сæхи æрцæт- тæ кодтой. Саучызг Цикъойæн, ды иннæты æхс, уый мæ бар бауадз, бакодта æмæ æвиппайды йе ’мбæхсæн бынатæй фæгæпп ласта. — Рауай, рауай, джауыр, мæнæ дын дæн, уæддæр мæм рагæй бæл- лут! Æлдар фезмæлын кодта йæ бæх, фæцæй йæм тахт, фæлæ йæ Сау- чызг фехста, æмæ саргъæй асхъиудта. — Уый дын дадайы мардæн, джауыр! Æлдар куы фæмард, уæд йе ’мбæлттæ дæр фæстæмæ фæзылдысты 61
æмæ лидзынмæ фесты. Фенцад æхст, фæлæ æнæхъæн ком байдзаг кæ- уынæй: дзæвгар фæмард хæцæг фæсивæдæй дæр æмæ сыл куыдтой се ’мбæлттæ. Цалдæр боны Сауацхур, Дисиджын, Хæтæнты, Соцъи, Гæнасур æмæ иннæ хъæутæй кæуынæй дарддæр ницыуал хъуыстис. Алы хъæуы дæр зиæнттæ куы баныгæдтой, уæд чысыл фæсабыр ис бæстæ, фæлæ Чысыл Леуахи æмæ Потнисайы адæмæй хицæуттæм дзырдхæсджытæ æнцой нал зыдтой, нымудзын, фыдаудæныл нал ауæр- стой. Иухатт? та хицæутты дзырдхæосæг Гипо Сауацхурмæ бацыдис Дауджыты бæрæгбонмæ, йæхи афтæ дардта, ома, паддзах у, йæ былтæ сысчъилтæ кодта Хъазиты Цикъойыл дæр, ома, ды та, дам, мын æл- дæртты ныхмæ тох кæныс æмæ тагъд ссардзынæ дæ бынат. — Бирæ куынæ дзурис, уæд мæм уый хуыздæр кæсы, — уыд Ци- къойы дзуапп. — Уасаг гæды мыст нæ ахсы! Æз дæ ныртæккæ!.. — Гиго февнæл- дта йæ дамбацамæ, фæлæ йын æвиппайды йæ къух ацахста Цикъо, йæ дамбаца йын æд хуымпыр стыдта, йæ хъама та йын дыууæ цъæлы акодта. — Ныр ардыгæй цæугæ, мæ цæст дæ куыннæуал уына! Абон бæ- рæгбон у, æмæ нæ фæччы хыл кæнын, фæлæ дæхи цæттæ дар, æндæр ран дыл кæй фембæлдзынæн, уымæ, æмæ аныхас кæндзыстæм лæгæй- лæгмæ. Гиго рацыд, фæлæ уæу уыцы цыд. Аскъуыддзаг кодта райсом Гуры хицæуттæм хъаст бахæссын æмæ Цикъойы æд мыггаг скуынæг кæнын. Ацы хъуыдытæ кæнгæйæ, йæ уæлхъус æрбалæууыд Цикъо Пу- хаты Иналимæ. Гиго йæ бынатæй сыстынмæ хъавыдис,. фæлæ йыл Цикъо æрхæцыд. — Бад, цы хъиамæт кæныс, фæлæ абон кæмæ æртхъирæнтæ код- тай? Мæнæ ныр дæ разы дæн, цы дæ фæнды, зæгъ-ма мын сæ ныр,— стæй бинонтыл йæ цæст ахаста. — Сымах тæрсгæ ма кæнут, зулмæ дæр ма уæм исчи бакæсæд. — Ардыгæй фесæф, æндæра дын æз фенын кæндзынæн! — Гиго къахæй скъуырдта Цикъойы. Цикъо хъама фелвæста æмæ йын æй йæ тæнты атъыста, уый фæстæ йын, куыдзы сарау, йæ сæр ралыг кодта æмæ йæ дуармæ фехста, йæхæдæг фездæхт Гигойы æмкъай Текълемæ. — Ды нын бахатыр кæн, æнафоны дæ кæй бахъыгдардтам, уый тыххæи. I Цикъо æмæ Инал куы рацыдысты, уæд Текъле æмæ сывæллæтты кæуынмæ æнæхъæн хъæу æрбамбырд сты, федтой, Гиго фыдмард кæй æрцыд. Æхсызгон сын уыдис, фæлæ сæ циндзинад нæ равдыстой. Рай- сомæй Гигойы амарыны хъуыддаг фехъуыстой Уанаты æлдæрттæ дæр, уыдон та йæ фехъусын кодтой Гуры полицимæ. Дыккаг бон Гуры полици æрбалæууыдысты Сацхенеты. Фæрсынц Гигойы ус Текълейы, фæлæ марджытæ чи уыдысты, уыдон нæ зыдта æмæ сын кæмæй хъуамæ загътаид? Полицийы хистæр хъæр кæны Текълейыл, ома сæ куыд нæ базыд- тай, æмæ йæ винтовкæйæ фæцæф кодта. Ус ахаудта, .сывæллæттæ сæ мадыл сæхи баппа:рстой æмæ кæуынц. Текълейы хистæр чызг Тебро йæхи нал баурæдта æмæ сын кæугæйæ афтæ: — Цæмæн мын марут мæ мады, цы уын кодта? Мæ фыды мын чи амардта, уыдон нæм зул цæстæй дæр куынæ æрбакастысты, уæд сымах цы ми кæнут? Полицийæгтæ хъæуæй æрцахстой цалдæр лæджы, семæ Къотъейы дæр. Къотъе та уыдис хицæуттæм сусæг дзырдхæссæг æмæ йæ акодтой барæй, ома, кæй æрцахстой, уыдонæй базона лæгмарæджы. Ахстытæн дзæвгар фыдæбон фæкодтой Гуры æхастоны, фæлæ ницы зыдтой æмæ цы хъуамæ загътаиккой? Иу-цасдæр рæстæджы фæстæ сæ рауагътой ахæм дзырдæй, ома марæджы кæд не ссарат, уæд уæ фæс- тæмæ ардæм хъæуы. Къотъейæн æхсæв æхсæв нал уыдис, бон та бон, уымæн æмæ Гуры 62
хицæуттæн дзырд радта, ома, ссардзынæн лæгмарæджы. Стыр ныфс æй уыдис Гæмсырæй. Гæмсыр рувасæй уæлдай нæ уыдис, ницы йын ирвæзт æнæбазонгæйæ, ноджы йын Къотъе æхца радта, æ\*æ йæ зæрдæ Цикъомæ кæй æхсайдта, уым сусæг-æргом бафтыд Цикъойы фæдыл. Иу сæрдыгон бон Цикъо хъæд фадынмæ ацыд Инал æмæ Букуыл- ты Борсæимæ. Гæмсыр сæ куы базыдта, уæд сусæгæй сæ фæдыл ахъуы- зыд, бон изæрмæ сæм йæ хъус фæдардта, фæлæ сæм ахæм ныхæстæй ницы уыдис. Изæры куы раздæхтысты, уæд, Уануры фæндаг кæм фæ- хицæн вæййы Сауацхуры ’рдæм, уым, суадоны цур, æрбадтысты æмæ сьгн ныхас бацайдагъ. Гигойы кой сæм æрхаудта, æмæ дыууæ лæппуйæ сирвæзт, уыдон къухæй кæй ссардта йæ мæлæт. Гæмсыры дæр уый хъуыдис, æмæ йыл фырцинæй ракаст хур, ау- уæтты-аууæтты ныййарц сæхимæ. Æхсæвыгон балæууыд Сацхенеты Къотъейы хæдзары, радзырдта йын хабар. Къотъейы ци! ~?ч ма кæм уыдис кæрон, уыцы тæккæ фæцæуæг Гурмæ æмæ райсоммæ балæууы- дис бынаты. Бацыдис хицæуттæм æмæ сын радзырдта хабар. Хицæуттæ стыр бузныгæй баззадысты Къотъейæ. Уыдон та хабар фехъусын кодтой губернаторæн. Губернаторæн Цикъо æмæ Иналы æрцахсын æнæуый дæр скъуыд- дзаг уыдис, фæлæ уый дæр зыдта, æмæ Цикъо æнцонæй кæй нæ бафт- дзæнис къухты æмæ йæм сæвзæрд хинæй уыдоны æрцахсыны фæнд. Ома, хъуамæ полицийæгтæй саразæм ахæм къорд, цыма геологтæ сты. Æрхиздзысты мидæгæй æфцджытыл, изæрыгон, æрæхсæвиуат кæндзы- сты Цикъойы хæдзары. Уый сын, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон æгъдау- мæ гæсгæ акæндзæн кусарт, цалынмæ фынгыл æрбадой, уæдмæ. Куын- нæ фæхондзæнис йæ хæлары дæр. «Геологты» хистæр йæ хызынæй сисдзæн алыгъуызон згъæры къæрттытæ æмæ сæ уынын кæндзæн Ци- къо æмæ иннæтæн. Уыдон згъæртæм кæсыныл куы фæуой, афтæ ацахс- дзысты Цикъо æмæ Иналы, сбæтдзысты сæ фидар, æмæ сæ фæдис куын- нæ раййафа, æмæхсæвæджы фæцагайдзысты фæстæмæ. Мæгуыры дур хæрдмæ суры, сæ хин фæнд фæрæстмæ, фæлæ ма Саучызг «геологты» хистæрмæ йæхи баппæрста, фæстаг хатт ма мын ме ’мкъаимæ аныхас кæныны фадат уæддæр раттут, зæгъгæ, æмæ аи- вæй Цикъойы зæнгойы атъыста цыдæр, бамбарын ын кодта, ома дæ бахъæудзæнис. Цикъо та йын бафæдзæхста, фидар куыд дара йæхи, зæгъгæ, уый зонын, æмæ мæ æвиппайды нæ амардзысты, мæхи та æнцонтæй нæ ба- уадздзынæн марын, цалынмæ дзы мæ разæй нæ фæкæнон цалдæры. — Тæрсгæ мын ма кæн, æз дæ сæрмæ худинаг не ’рхæсдзынæн мæ удгасæй, дæуæн дæр зонын дæ уæйгæнджыты æмæ сæ дæ маст райс- дзынæн. Кæд ма нæ хуыцау искуы фембæлын кæна, уæд стыр куывд скæндзынæн, Лæгты дзуар уæд уе ’мбал... Цикъо æмæ Иналы ныппæрстой Гуры ахæстоны. Куыддæр сæ фыццаг хатт райдыдтой фæрсын, афтæ, Цикъо басаст, Гигойы марæг уый кæй у, Инал дзы æппындæр кæй нæу аххосджын, ома, Гигойы ус Текълейы дæр бафæрсут. Фæлæ сын сæ хивæнд миты, полицийы ныхмæ кæй хæцыдысты, уый тыххæй стæрхон кодтой цæрæнбонтæм Сыбырмæ фæхæссын æмæ сæ хæсгæ дæр фæцæй кодтой, фæлæ æрдæгвæндагыл иуæхсæв Цикъо райдыдта йæ хъадамантæ лыг кæнын. Афтæ сæ алыг кодта æмæ сыл æддейæ бакæсгæйæ нæ зынд. Уый фæстæ та алыг код- та Иналы хъадамантæ, афтæмæй сын иу мæйдары бантыст сæхи иннæ ахстытæй фæаууон кæнын æмæ тар хъæды алидзын. Фæлæ сæ цæуын кæдæм хъуыд, уый рæстмæ нæ зыдтой, афтæмæй куыддæрты æрхæццæ сты Бакумæ. Уым акуыстой нефтгуырæнты. Сæ тых сæхимæ куы æры- здæхт, уæд самал кодтой хæцæнгæрзтæ дæр æмæ сæ хъус радардтой сæ райгуырæн Ирыстонмæ. Ацырдæм та æрыхъуыст зæрдæхалæн уæззау хабар, Цикъо æмæ Иналы бирæгътæ бахордтой кæмдæр Уырысы стыр зæххыл, зæгъгæ. Цы гæнæн ма уыдис сæ хицæуттæн, сæхи сыл амардтой кæуынæй. Фыц- 63
цаг схист кодтой Цикъойæн, стæй та — Иналæн. Хицæуттæ дæр æрæн- цадысты, ома сæ æцæг бирæгътæ бахордтаиккой æмæ фервæзтыстæм дыууæ знагæй. Гъе, фæлæ кæм уромы Саучызг йæ маст. Æнцой йын нал лæвæрдта иу хъуыддаг: куыд амара Гæмсыр æмæ Къотъейы? Уыдон æвзагæй фесæфтысты йæ лæг æмæ йæ кæстæр æфсымæр Инал. Иуæй-иу хатт-иу ахъуыды кодта, æргомæй сæ сиса милмæ, фæлæ тарсти йе ’нахъом фаззæттæн. Стæй йæ хъуыдыйы сæвзæрд хин фæнд. Иæхи схæлар код- та Гæмсыры ус Куымæридонимæ. Арæх-иу сæм бауадис, фæлæ Гæм- сыры уым никуы баййæфта. Афарста-иу сылгоймаджы, дæ сæры хи- цау кæм ис, зæгъгæ, фæлæ-иу Куымæридон йæхи ницызонæг скодта. Саучызгæн уæддæр кæйдæрты æххуысæй йæ бон бацис базонын, Гæмсыр адæмæй кæй тæрсы, уый тыххæй æхсæвыгон кæй фембæхсы зыгуымдоны. Бæстонæй сбæрæг кодта, изæры йæм йæ ус цафон ба- цæуы, уый. Иуæхсæв бамбæхст зыгуымдоны фæстæ, Куымæридон ба- хаста дон Гæмсырæн. Ус куы рацыд, уæд чысыл фæстæдæр Саучызг уæззаугай Куымæридоны хъæлæсæй бадзырдта Гæмсырмæ: — Уæ нæ лæг, дæ хæцæнгарз хæдзары куы баззад, алæ-ма кæм дæ? — æрысгæрстытæ йæ кодта къухæй æмæ йын хъама йæ артæнты атъыста. Уый дын Цикъо æмæ Иналы тæригъæдæй — хъамайæ йын йæ хурх ачъепп кодта, йæхæдæг зыгуымдоныл арт бандзæрста. Фæззыгон хус рæстæджы зыгуымдоны цы асудзын хъуыдис, цалынмæ адæм æм- бырд кодтой, уæдмæ зыгуымдон Гæмсыримæ цъыбыртты сыгъд бакодта. Саучызгæн уыцы хъуыддаг куы басусæг, уæд та Къотъейы амары- ны фæнд скодта, фæлæ куыд, цы ’гъдауæй, æмæ æрцыдис ахæм хъуы- дымæ: скæндзæн зæронд усы дзаумæттæ, Къотъе хос ку.ы кæрда, уæд æм бацæудзæн. Æмæ афтæ дæр бакодта. Иæхи та йын рахуыдта ка- ралеттаг Инаури Шакройы хо. Æмæ, дам мæ, ме ’фсымæры мын цæй’ тыххæй амардтой полици, уый базонын фæнды. Къотъе йыл бахудт сæрбæрзондæй. — Кæд мæ фæрсыс, уæд, куыд зæронд ус, афтæ дын сæ радзурдзы- нæн æргом. Де ’фсымæр уыдис абырæг Хъазиты Цикъойы фæдон, цы- дысты æлдæрттæ æмæ хицауады ныхмæ. Æз та хъахъхъæнын нæ уæз- дан æлдæртты æмæ хицауады. Абонæй фæстæмæ дæр мардзынæн ахæм- ты. Фæрсыс ма мæ ноджы истæмæй? — Цы ма дæ фæрсон, фæлæ уæддæр ахæм ми ма хъуамæ сарæз- таис, — цалдæр къахдзæфы рауад, стæй фæстæмæ фæзылд Къотъемæ, дамбаца йæм ныддардта. — Дæ бынатæй ма фезмæл æмæ дын мæхи базонын кæнон! Æз дæн Цикъойы ус Саучызг! Уый та дын Цикъо æмæ Иналы тæригъæды тыххæй! — Къотъе фыртæсæй ахауд, фæлæ йын уы- рдæм .дыууæ нæмыджы йæ сæрыл банымадта, йæхæдæг хъæды фæми- дæг. Дардмæ йæ иннæ хосдзæуттæ ауыдтой, Къотъейы зæронд ус кæй амардта, фæлæ чи уыд, уымæн ничи ницы базыдта. Саучызджы зæрдæ чысыл фæрогдæр, фæлæ йыл хур уæддæр нал æмæ нал каст: бонæй иуиæг уыд, фыны — Цикъойы цур, æмæ йыл бон- тæ уыцы иугъуызон мылазон хастой. Иуæхсæв та сæхимæ йæ зæрдæ- дзурæнты куы уыд, уæд сæ къæсæрыл балæууыд Цикъойы хойы чызг Сæлимæт. — Ацафон дæ цы ’рбахаста, цы хабар дæм ис?! — фæтарст ын Сау- чызг. — Хабар, æмæ цахæм диссаджы хабар! Æхсызгон хабар! Æз ныр- мæ ахæм хабар никуыма фехъуыстон! — йæ цин нал уромы Сæлимæт — Фæлæ мæм æрбайхъус дзæбæх: Цикъо æмæ Иналы мардыхабар у мæнг. Цикъо æмæ Инал тагъд рæстæджы уыдзысты ам. — Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй, Сæлимæт? — Æз дæн кæмæйдæр æрвыст, — чызгæн фырцинæй кæлынц йæ цæссыгтæ. — Дзырд мын ратт, куыд нæ фæтæрсдзынæ... — Уæ, æрбамæлон дын, Сæли, æмæ мæ кæд зыдтай ахæм тæппу- дæй? 64
— Уæдæ цом мемæ, сывæллæттæ фынæй кæнынц, — акодта Г:æ сæ- химæ. Саучызг куы ауыдта Цикъо -æмæ Иналы, уæд йæ цæстытæ фæ- цъынд кодта, дыккаг хатт сæм бакаст æмæ йæ бынаты æрхауд. Цикъо йæм бауад æмæ йыл схæцыдис. — Гъе, Пухон, нал нæ базыдтай? Слæу-ма æмæ мæм æрбакæс, ца- хæм сæуджыны хуызæн сдæн. Саучызг фыццаг Иналыл атыхстис, стæй та — Цикъойыл. Кæм ма уыднс йæ цинæн кæрон. Стæй сын бауайдзæф кодта, цы, дам, рамбæхс- бамбæхс кæнут, тæккæ райсом æнæхъæн комбæстæн куывд куы кæн- дзынæн. — Ех, Саучызг, нæ цард нæхи бар куы уаид, уæд бæргæ скæник- кам куывд, фæлæ æз æмæ Иналæн нæхи равдисæн нæй. Фæлæ мæм æрбайхъусут: ам чидæриддæр ис, уыдонæй дарддæр мах æрцыд мачи хъуамæ зона. Ды, Саучызг, алы бон цæудзынæ, мæнæн ингæн кæм скъахтой, уырдæм æмæ ныл кæудзынæ. Афтæ бацамон дæ мадæн дæр, уый та Иналыл куыд кæуа. Махæн не ’мбæхсæн уыдзæнис Икъаты мæ- сыг. Нæмыг, топпыхос, хæринаг та нын хæсдзæнис мæнæ мæ хæрæфырт Букуылты. Борсæ. Фиййау цæуы æмæ йыл ничи фæдызæрдыг уыдзæн. Цы нын хæсса, уыдон та æмбæхсдзæн, Мыкалгабыры дзуары цы стыр тæрсбæлас ус, уый бын къутæрты. Махæн æнæтохгæнæн нæй не знæг- тимæ, цалынмæ нæ туг змæла, уæдмæ. Икъаты мæсыг уымæн равзæрста Цикъо æмбæхсæн бынатæн, æмæ ардæм ничиуал уæндыдис Ацæмæа æмæ Сосланы хабарæй фæстæмæ, æгæрыстæмæй, йæ фос дæр ацы бынатмæ хæстæг ничиуал уагъта. Цикъо æмæ Иналæн та ссис хи хæдзары хуызæн. Ардыгæй-иу фенкъуы- стысты æмæхсæвæг се знæгтæм æмæ сæ истой сæ маст. Иухатт Калачы дæр балæууыдысты губернаторы амарынмæ, фæлæ йæм сæ къух нæ баххæст. Æлдæрттыл кæй нæ ауæрстой, сæ хæдзæрттæ сын кæй сыгъ- той, уый скъæрцхъус кодта полицийы, æмæ фæхатыдысты, фæд кæцы- рдæм бацæуы, уый. Цы ’мбарын ма сын хъуыд, Цикъо æмæ Инал мард кæй не сты? Сусæгæй дзырдхæсджытæ баурæдтой алы хъæуы дæр. Уæддæр æртæ азæй фылдæры бæрц ничи зыдта, кæм æмбæхсынц, уый. Уæд дæр Цикъо æмæ Иналæн сæ бæхтæ уыдысты Соцъийы хъæук- каг Болататы Малхазмæ æмбæхст. Малхаз бæхты афтæ æмбæхста, æмæ сыл йæ цæсты зул дæр никуы ничи акъуырдта, райсомæй сын дон дардта дыккаг кæрккуасæнты, изæрæй та, хъæуы адæм-иу куы бафы- нæй сты, уæд. Гъе, фæлæ цыдæр фæдбылызæн, иухатт Малхаз райсо- мæй талынджы бæхты дон дарынмæ куы ’рбакодта, уæд æй федта йæ сыхаг Къæдын. Къæдын та уыдис хицæутты æвзагхæссæг æмæ базыдта, уыдон Цикъо æмæ Иналы бæхтæ кæй сты. Бафæндыд æй, Цикъоитæ кæм æмбæхсынц, уый базонын дæр. Æхсæв ын æрхуыст нал уыдис, Малхазтæй-иу йæ кæрæф цæстæнгас нал куымдта атонын. Иуæхсæв Цикъо æмæ Инал æрбаластой сæ бæхтæ Малхазмæ, сæхæдæг ацыдыс- ты се ’мбæхсæн бынатмæ. Малхаз фæхатыд, Къæдын алы æхсæв йæ хъус кæй дардта Малхазы хæдзармæ, æмæ йæ уазджыты фæдыл аи- вæй йæ цæст дардта. Уалынмæ ауыдта, уæртæ Къæдын фæсиры, Ци- къоитæ цы фæндагыл ацыдысты, ууыл. Цы базонын ма йын хъуыд хъуыддаг, уæлдайдæр, нæма æрбабон, афтæмæй Къæдын йæ бæхыл куы бабадтис æмæ кæдæмдæр куы абалц уæд. Куы æризæр, уæд. уый та Цикъомæ ацыд, æмæ йын радзырдта хабар, ома, райсом куынæ уа, уæддæр иннæбонты ам уыдзысты полици æмæ уæхи бааууон кæнут, мæ- нæ уын уæ бæхты дæр æрбаластон. Цикъо ныхъхъуыды кодта æмæ йын афтæ: — Ныр махæн æмбæхсæн нал ис, Малхаз: кæнæ — мæлæт, кæнæ— сæрибар. Сфæлмæцыдыстæм сырды цардæй, ноджы ма адæмы дæр фæлмæцын кæнæм. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, цал азы нын зилыс нæ бæхтæм. Мах тыххæй адæмы æфхæрой, уымæ кæсын нал у нæ бон. Мах цæттæ стæм мæлæтдзаг тохмæ. Ныр Къæдын дæу дæр банымыгъ- Журнал «Фидиуæг> № 1 65
таид хицæуттæм æмæ тæрсын, миййаг, дæу дæр куы бафхæрой, фæлæ Къæдынæн æнæ маргæ нæй. — Курын уæ, мæ зондмæ байхъусут, зæхх æгæрон у, æмæ искуы уæхи бааууон кæнут. — Æмбарын дæ, Малхаз, куы баууон кæниккам нæхи, фæлæ уæд- дæр адæмы æфхæрдзысты мах тыххæй. Стæй нæ сабитæ та... Ныр ацу ды, сом изæр уыдзыстæм уæ хъæуы. Æхсæвы Цикъо æмæ Инал æрцыдысты Саучызгмæ, радзырдтой йын хабар. Саучызгæн, чысыл ма бахъæуа йæ зæрдæ атона фырмæс- тæй, фæлæ йæхи ныффидар кодта. Æхсæв-бонмæ бирæ фæныхас код- той се ’намонд <цардыл. Цикъо Саучызгæн баххуыс кодта, цæмæй сусæ- гæй æд сывæллæттæ ацæуа Чниаламæ, Цикъойы æрвадæлтæ, Уанкъа- тæм. Уый дæр Цикъойау æнæрцæф уыдис æмæ уæм, зæгъы, уый тæсæй зулмæ фæкæсын дæр ничи бауæнддзæнис. — Хорз, акæндзынæн сывæллæтты де ’рвадæлтæм, фæлæ мын фæс- тæмæ æнæрбаздæхгæ нæй, æз дæр хъуамæ уон уæ цуры тохы быдыры. ~ — Уый гæнæн нæй! — сдзырдта Цикъо. — Мах сæфæм æмæ ма ды дæр фесæфай, нæ сывæллæтты сидзæрæй хъуамæ ныууадзæм? — Нæй мæнæн цæрæн, æз дæр хъуамæ амæлон уемæ. Фендзыстут уæхæдæг, æз та уын уæ маст куыд райсдз’ынæн уе знæгтæй. Кæрæдзийæн хæрзæхсæв загътой æмæ Цикъо æмæ Инал рацы- дысты. Дыккаг изæр нырма хур на аныгуылд’ис, афтæ бамидæг сты Со- цъимæ, лæгты се ’ппæты дæр тымбылæй бадгæ баййæфæой ныхасы, Сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой. Адæм дæр сыстадысты. Салам сын радтой, уый фæстæ Цикъо бауад Къæдынмæ. — Къæдын, знон кæм уыдтæ, чи дæм дзырдта Гурмæ? Дæ марг æвзаг та дæ ныккодта, æвæццæгæн? Къæдынæн йе ’взаг йæ комы нал арæхст, рызтысты йе ’фсæртæ: —- Никуыуал... никуыуал.. — æндæр дзырд нал бадт йæ комы, æмæ Цикъо æхсаргард фелвæста, йæ бæрзæй йын дзы æрцъыкк кодта æмæ йæ сæр куыдзы сæрау, атылдис. — Гъе, уый дын лæварæн дæ цъаммар æвзаджы тыххæй! Хорз адæм, сымах та нын хатыр бакæнут, зонут нæ, чи стæм, цæй тыххæй сæнамонд нæ цард... Зæгъут-иу хицæуттæн, сæ къæбылайы сын æз кæй амардтон. Хæрзæхсæв раут ныр,— сæ бæхтыл абадтысты æмæ радымдтой. Губернатор алы хъæуты æрурæдта зекъуцитæ, Цикъо æмæ Иналы ныхмæ та ракодта æфсад. Æфсад æрхъула кодтой Цикъоитыл æмæ цæуынц Икъаты мæсыгмæ. Цикъо æмæ Инал фæхæцыдысты, цалынмæ сæм нæмыг æмæ топпыхос уыдис, уæдмæ, фæцагътой се знæгтæй би- рæ, стæй сæ хæцæнгæрзтæ акалдтой æмæ сæхи радтой. Цасдæр сæ фæдардтой ахæстоны, стæй сын тæрхон рахастой, ома ауыгъд хъуамæ æрцæуой адæмы цæсты раз. Цы бон сæ хъуамæ æрцауыгътаиккой, уыцы бон Гурмæ æрбацыд губернатор дæр, ома сæ фенон, афтæ чи фæцагъта æлдæртты æмæ по- лицийы, уыдон цахæм лæгтæ сты. Дзæвгар адæм æрæмбырд Гурмæ. Зæххæн уæз кодтой. Æрцыдысты Цикъо æмæ Иналы хæстæджытæ дæр. Аныр бæндæнтæ æркæной Цикъо æмæ Иналы хъуыртыл, афтæ гæрах фæцыдис æмæ губернатор фæфæлдæхт. Гæрах, æмæ та Гуры уезды хицау дæр Аæхъил. Адæм æмæ полициæгтæ схъомпал сты. Цикъо ауыдта Саучызг сæ бæласы аууонæй кæй æхсы, уый, æмæ бахудтис, фæлæ йæ ауыдтой полицийæгтæ дæр æмæ йæ райдыдтой æхсын. Уæддæр ма сæ иу пал- дæр полициаджы фæмард кодта. стæй фæстаг нæмыг та йæ зæрдæмæ фæцаоæзта. Цикъо уый куы ауыдта, уæд, арсау, ныббогъ кодта. Уый ма уыдис йæ фæстаг хъæр... Полицийæгтæ хъуамæ фæцагътаиккой Цикъо æмæ Иналы хиуæтты, фæлæ акастысты, æмæ адæмы сæ алы (Ьарс лæугæйæ куы ауыдтой хæ- цæнгæрзтимæ, хæцæнгарз кæмæ нæ уыд, уыдон та ставд хъилтимæ, Зб
уæд сæхи фæсабыр кодтой æмæ адæмæн загътой, ома, ныр фæцæут уæ хæдзæрттæм, фæлæ сæ змæлд дæр ничи фæкодта. Саучызджы мард полициæгтæ сылгоймæгтæн бахæссын кодтой, Цикъо æмæ Инал ауыгъд кæм уыдысты, уырдæм. Полицийæгтæ дык- каг хатт адæммæ бахатыдысты, цæмæй фæцæуой сæ хæдзæрттæм. Уы- дон сæ цыма хъусгæ дæр нæ кодтой, куырдтой мæрдты. Æгæр куы базмæлыдысты, полици уый куы базыдта, ома, æнæ фыдбьмызæй нæ ацæудзысты, уæд сразы сты Саучы’зджы мард радтыныл. Адæммæ та сæвзæрд хин фæнд — Саучызджы мард рахæссыны æфсон уал рацæу- дзысты, стæй аивæй сæ хъус дардзысты, Цикъо æмæ Иналы æхсæвы куы баныгæнон, уæд сеэ скъахдзысты сусæгæй æмæ сæ ахæсдзысты. Æмæ афтæ дæр бакодтой. Æхсæвы се ’ппæт дæр баззадысты Тхъуиауы, райсом æртæ мардæн сарæзтой чырынтæ, сæвæрдтой сæ æртæ уæрдоныл æмæ сæ раластой. Тхъуиауы цæрджытæ сæ рахизын кодтой Мереты онг, чидæртæ дзы семæ дæр рацыдысты, иннæ адæмы аздæхтой фæстæмæ. Сауацхур æмæ Гудисы кæмтты айхъуыст стыр зæрдæхалæн маст, æмæ ма адæмы зæхх дæр кæм урæдта, ниудтой хæхтæ дæр. Раздæр схист кодтой Саучызг æмæ Цикъойæн, баныгæдтой сæ Джиджджийы цур. Дыккаг бон та Иналы сæмбæлын кодтой йæ фыдæлты сыджытыл. Джиджджийæн йе ’цæг ном уыдис Гиго, ис ыл дур æвæрд æмæ абон дæр лæууы Дуалурайы, Хæтæнты уæлмæрды. Ис ыл гуырдзиа- гау фыст «—Васрули 140 цъели». Рухсаг уæнт, царды тæрхоныл разы чи нæ уыд, худинаг йæ сæрмæ чи нæ хаста... Литературон æгъдауæй йыл бакуыста Хъазиты Мелитон.
ГАССИТЫ МОИСЕЙ Сабидугагй Чысылæй-иу нын ницы кодта уый ад — Куы-иу сырдтам, куы-иу ахстам ’ Рухсгæнæг хъæндилтæ — Нæ сабион «æзнæгтæ»... Æрдæгæхсæвмæ дæр, Æрдæгæхсæвмæ дæр — Ахс æмæ сæ ахс. Ныгæдтам сæ дурты бын къордтæй, Цæмæй нын ысбонмæ Æфсæйнаг æхцатæ фестой. (Куыд нæ сайдтой хистæртæ, ех...) Мæ зынаргъ хæлæрттæ! Æвæдза, Куыд скъуыдтам рухсгæнæг, Æхсæвыгон рухсгæнæг, Нæ развæндаг рухсгæнæг, Æнæхин хъæндилты Цард!.. Уеглмæрды Нæхи Джеккайы фьтрт Ванийы рухс ном дзы арын Нæ чысыл хъæуы иу лæг амард, Сабыр, æгъдауджын уыд, мæгуыр. Цыма мæнæй æвзонгад адард, — Зын сагъæсты ныххаудтæн ныр. Æзнон æрхæм, фыдохæй кастæн, Куы кодтой мардæн адæм кад. Æмæ ныр та мæ сагъæс растад,— Кæсын йæ ингæнмæ, æнкъард. Æмæ нæм адæймаг куы мæлы, Æмæ куы раст кæны мæрдтæм, — Цыдæр бæрндзинад мыл æмбæльг- — Фынгыл мын иу бынат — уæлдæр... Дæттæй, цæй тынг-иу æм бæллыдтæн, — Фынгыл-иу кувæг лæг куы бадт. Куыд æхсызгон мын уыд йæ уынд дæр... «Йæ бынат мын кæд ратдзæн цард?..»
Куыннæ ис уалдзæг та мæ риуы? *— Фæкалынц дидинтæ тæмæн., Фæлæ сыл дымгæ дæр ысниуы Æмæ хъыг у, хæлар, мæнæн. ЦОЦИТЫ ЕМЗАР Каглæнгæнæг цæстытæ Æз кæлæнгæнæг цæстытæ федтон Æмæ уый фæстæ скуыддæр мæ цард... Дард мæ зæрдæйæ ме ’нцойад фехстон, Æмæ нал зонын хуыссæджы ад... Ныр дыууæ цæсты алы æрттывд дæр Уайтагъд разилын кæны мæ сæр... Цыма цæстыты кæлæн фæфыддæр Æмæ нал æрвонг кæнын æз дæр. Ох! Кæдмæ уон æнæ нозтæй расыг, Цæй, кæдмæ бадон афтæ? — фæрсын. ’Нæ дæу сонт зæрдæ уалдзæджы басыд, Æмæ зымæджьг ’рцыдæй тæрсын. н Æмбал, мæ раст ныхас нæ уарзыс, Фæнды дæ, — сабыр дæм лæууон. Мæ уайдзæФ мурмæ дæр нæ дарыс..., Дæ бæллиц — саугурмæй цæуон... Дæ азым дын æргом куы зæгъын, — Рынчынау райдайыс хъæрзын... Куы хъæр кæныс... Дæуæн цы кæнын, Дæ рæдыд не ’мбарыс æппын... Дыдзæсгомдзинад намыс сафы, Рæстзæрдæйæн æрхæссы маст, Тынтæ, хæлуарæгау, фæуафы, Фæлæ йæ нал бабыхсы цард... Æз дæр Фыдыбæстæн ,хъæбул дæн, Рæвдаугæ схъомыл кодта мæн... Кæд уа мæ рæстадæн фæцудæн, — Уæд зинтæн хъазæнхъул фæдæн!.. ХАЦЫРТЫ ФИЛИПП Хурмæ Дæн райгонд дæ цардæй, Дæ рухсæй, дæ зардæй, Сæуæхсиды скастыл мæлын. О, бузныг, кæй тавыс, Дæ хъарм мын кæй хъарыс, — Дæ рухсмæ нæ комын кæлын. 69
Дæ рухсмæ, Дæ фарймæ\ Лæгдзинады ранмæ Æз хъуамæ æдзухдæр тындзон. Мæ адæм, мæ бæстæй, Дæ хъарм ’мæ дæ хæрзтæ Нæ уыдзысты никæд бон рох. У райгонд дæ цардæй, Æрвит нæм ды дардæй Дæ рухс тынтæ боны цъæхыл. 0, бузныг, кæй тавыс, Ды амод кæй тауыс, Царддæттæг амонд зæххыл! Куы уыдыстæм æз æмæ ды, Зарыд цъæх сыфтæртæй уалдзæг. Æмæ кæм ма нæ уыд уадзæг, ■— Уалдзæг карз нозтау сæрты цыди... Куы уыдыстæм æз æмæ ды,— Ныхæсты сæр никæй нæ хъуыди. Æвæццæгæн, уымæй рæсугъддæр нæ уыди, Куы уыдыстæм æз æмæ ды... Куы уыдыстæм æз æмæ ды, Ды уарзтай сæумæйы æрбарухс, Мæ уындæй дæ зæрдæ-иу барухс — Куы уыдыстæм æз æмæ ды... Куы уыдыстæм æз æмæ ды,— Зарыд цъæх сыфтæртæй уалдзæг. Æз уыдтæн дæ зæрдæйы уазæг, Фæлæ йæ нæ бавæрдтай ды! ТУАТЫ ЛЕНÆ Мæ напа У мæнæн Нана зынаргъ, Батыдта цæрæнбон — даргъ. Фæлæ у нырма цæрдæг, Тоны ауæдзыл кæрдæг, Царв цæгъды, æрдуцы хъуг, Фæрæтæй æрсæтты суг. Къуымты разилы чындзау, Уазæгæн вæййы хуындзау. У зæндджын æмæ рæдау, Ничи йæм æрхæсдзæн фау. Растдæр у мæнæн мæ Нана Нарты номхæссæн Сатана.
Мæ сыхаг Уынгты æз куы фæцæйцæуын, — Фенын иу лæджы æдзух. Кадджын у æнæхъæн хъæуы, Алкæмæ дæдты йæ къух. Уый цыди, æхсидав хæсгæ, Кодта не знæгты дæрæн, Уа цæмæй сæрибар бæстæ Æмæ райдзастæй цæрæм. Абон дæр ма уый йæ цæфтæй Уазал, асæсты хъæрзы. Дары уый йæ цæфтæ ’мбæхстæй, Худгæ адæммæ кæсы. ХАЦЫРТЫ ОТАР Гæбийы яал Уæныг, богътæгæнгæ, ралыгъд, Галмæ бауагъта йæхи... Гал дæр æм ныхмæ фæлæууыд, — Дардæй сæм кæсы Гæби. — Марадз, Къобор, ма дзы фæтæрс!.. Куырæн ма баком сæттын, ’Ндæра, зон, æз дын изæры Нал авæрдзынæн кæрдзын! Бацайдагъ сын хæст сыкъайæ, ’Взарынц ’науæрдон сæ тых. Гал ын сыздыхта йæ бæрзæй, — Уæныг басаст, — риссы ных: Къоппæй фелвæстис йæ сыкъа, — Ныхыл туг лæсæн кæны Чысыл Гæби балыгъд Галмæ, Мидбылхудгæ ,йын зæгъы: — Хорз ын фæдæ, хорз, мæ богал, Уымæн афтæ хъуыдис раст — Хæцаг галæн, дам, æрцæуы Алхатт дæр йæ сыкъа саст. ЦЫБЫРТЫ МАДИНÆ Æз райгуырдтæн Иры хъæбысы Æмæ йæ фæхонын мæ авдæн. Мæ зæрдæйы уарзт æм нæ сысы, Хæссын ын йæ сау сыджыт ардæн.
Æз балцы кæмдæриддæр уон, Цыфæнды дзы хорз уа цæрынмæ, — Мæ цинты, мæ хъыгты æргъом Æрбахæссын Иры рæбынмæ. Леуахи ызгъоры размæ, Тар, фынкалгæйæ, бырсы. Æз æнцад лæууын йæ фарсмæ, ■ Сусæг таурагътæ хæссы... Иунæгæй æрбадтæн дурыл, Арвæй мæм ныккасти мæй. Фæлæ, раздæрау, мæ цуры Сау лæппуйы аууон нæй. Кæны мып хуры тып хъæбыстæ Æркасти та зæрин хур арвæй, Цæстуарзонæй рæвдауы зæхх. Æмæ ныридæгæн йæ хъармæй Пысыра каубынты фæцъæх. Рæбынмæ батылдтам нæ дыстæ, Нæ куыстмæ февналæм мах рæвдз. Кæны мын хуры тын хъæбыстæ, Мæ мадау мæ рæвдауы æрдз. ГОДЖЫЦАТЫ НЕЛЛИ Ирыстон Куыд бирæ дæ уарзын, мæ дзæбæх Ирыстон, Æдзухдæр мæ зæрдæ дæуимæ куы ис. Æнæрлæугæ Леуахи уайы, — Фæдисон, Тыгъд быдыртæн дзуры йæ цинтæ, йæ рисс. Куы нырттивынц дардæй дæ цъитиджын хæхтæ, Мæ зæрдæ ныррухс вæййы хурау мæнæн. Дæ бæлæстæй хаугæ къæвдайы æртæхтæ Æвдадзы хос фестынц æнкъардуд лæгæн. Æз базырджын фестын дæ ныфсæй, дæ фарнæй, Мæ царды фæндагæн мын арыс фæрæз. Мæ кармæ куы рацæуон, гъеуæд дын армæй Кæд бафидин хорзæй, хъæбулау, мæ хæс!..
КЪÆБЫСТЫ УАРДЕН КÆРКУЫСТЫ ДЗУГ Хъæдæхгæд фæхстæ куыддæр фе- сты æмæ субальпион зонæ райдыд- та, афтæ къæмбырджын хохзæнг цæхгæр фæтæбæкк, фæз адардта, æмæ уыцы хуызæн тъæпæнгонд ба- хаста суанг хохæрдæм. Уæлвæзы рæбынæй хохсæртæм бирæ дæрд- дзæг кæд нал ис, уæддæр, залты мит куы ныууары, уæд зæй рацæуы- нæй тас вæййы. Уый тыххæй Кæр- куысты мыггаг цæрæнуатæн уæл- вæз нал, фæлæ хъæдгæроны къæм- быртæ равзæрстой, уæлвæзтæй та хуымтæ æмæ уыгæрдæнтæ скодтой. ...Мыггаджы ’хсæн, хъæубæсты æмæ æгас зылды дæр Кæркуысты Дауыт дзырддзæугæ лæгыл нымад уыд. Зæрдæргъæвд лæджы сæриба- ры дуг йæ тæккæ лæппуйыл æрæй- йæфта æмæ йын кæд скъолайы ба- кæсыны фадат нал фæцис, уæддæр скъола сæхи хæдзары иу хатæны уыд, хъæуы ахуыргæнæг дæр сæхи- мæ цард æмæ уый фæрцы кæсын- фыссын базыдта. Уыцы «ахуырдзи- над» ын йæ фарн фæуæзгæдæр код- та. Хъæубæстæн разамонæгæй сбæз- зыд æмæ ма суанг районы дæр хъуыддаджы лæгыл нымад æрцыд. Дауыт йæ бинойнаг Дрианимæ, фае- рæты хъæдау, барст фæцис. Уый дæр, йæхиау хæдзардзин, кæрдзын- дæттон æмæ уавæрджын адæймаг басгуыхт. Иуæндæс хъæбулы сын куы рацыд, уæд та канд сæхи зыл- ды нæ, фæлæ ма æгас Чысангомы дæр уыдон амондæн куывтой. «Кæр- куысты Датикъо æмæ Нинæйау даргъ æмæ уæрæх рацæут», зæгъгæ, афтæ-иу раарфæ кодтой ногæй ба- мкъайуæвæг фæрныджытæн сæ чын- дзæхсæвы бон. йæ фондз фыртæй цыппарæн ус- тытæ æрхаста Дауыт, уæддæр ма иумæ цардысты. Хохы уæлвонг сы- нæгæй сæ астцæстон æддæгуæлæ Садзегур æмæ Ларгвисы фæлгæрæт- ты сæрыстырæй фæлгæсыд. Фос- джын, хорджын хæдзарвæндагмæ цард йæ мидбылты худт, цæрдхъом, фæрæзджын хæдзарыл нымад уы- дысты комбæсты. Фæндзайæм-æх- сайæм азты Хромисцъхъаройы кол- хозмæ чи ’фтыд, районы уыцы бæр- нон кусджытæ ныр дæр разыйæ фæ- дзурынц Кæркуысты хæдзарвæнда- джы æнæфыст, фæлæ арф биноныг уаз æгъдæутты фæдыл. Уазæгæн куыд хуыздæр балæггад кæнын, сæр- хъуаг æмæ æвæгæсæгмæ æххуысы къух фæдаргъ кæнын, æхсæнадон хъуыддагыл зæрдæрисдзинад, пар- ти æмæ хицауады тæрхæттыл иузæр- дыгдзинад æмæ æнæдыгъуырццæ- гæй сæ сæххæст кæнын уыд кæддæ- риддæр Кæркуысты хæдзарвæнда- джы æгъдау. Уый тыххæй сын стыр аргъ скодтой (æмæ абон дæр кæ- нынц) районы партион, советон æмæ хæдзарадон органтæ. Дауыт — хæ- дзары чъирикувæг — йæ чындзытæй иуы дæр уайсадын нæ бауагъта. Ахæм фырнымд митæ кæлмхæрд æгъдауыл нымадта, кæрдæн дæр æмæ, дам, уæлæдарæс дæр хъуамæ дарат, нырыккон фæсивæд куыд да- рынц, раст афтæ. Зæндджын хис- тæриуæг æмæ сæм нывылæвæрд кæстæриуæг уыд (æмæ абон дæр у) æнæфыст закъон æмæ йæ фехалын никæмæ каст. Алкæмæ дæр уæздан ахаст дарын, адæймагæн аргъ кæ- нын уыд сæ рагон миниуæг. Ныр- тæккæ ис афтæ зæгъæн: ахæм хæ- дзарвæндæгтæ сном кодтой нæ Ирæн æндæр адæмты ’хсæн, куыд 73
уазæгыл тайаг æмæ руайаг, йдæй- магæн аргъгæнæг, хистæр-кæстæри- уæджы фарн æнæлазæй хъахъхъæ- нæг адæм, афтæ. Фæрнджын æмæ уавæрджын хæ- дзарвæндаджы фæсивæд (Дауыты фондз фырты æмæ æртæ чызджы. Иннæ æртæ амардысты æнахъом- тæй) сæ уаг се ’гъдауæй, сæ зонд- ахаст æмæ сæ зæрдæйыуагæй канд хъæубæсты æмæ комбæсты фида- уыц нæ уыдысты, фæлæ ма се ’взыгъддзинад æмæ сæ фердæхтæй уыдысты сæ колхозы хæдзарады размæцыды æмæ рæзты цырв. Кол- хоз саразыны агъоммæ дæр Цæгат Кавказы, суанг ма Ногъайы фæтæн быдырты алы гæппæл, алы цадба- дæн, алы кæрдæджджын тъæпæн дæр хорз чи зыдта, уыцы Дауыт цалдæр азы сæрдарæй, стæй та фермæгæсæй цыд хæдзарады фос- дзугты разæй Ногъайы фæтæнмæ æмæ-иу сæ фæстæмæ æнæзианæй уалдзæджы тæмæны йæхæдæг æр- бахизын кодта сæрдыгон лæздарæн- тæм. Хромисцъхъаройы колхозы (афтæ хуыдтой ацы зылды колхо- зы) фысдарды фермæ, уæлдайдæр та Кæркуысты дзуг, цæстæвæрæн æмæ цæвиттойнаг уыд районы æн- дæр хæдзарадты фысгæстæн. Алкæй дæр фæндыд Дауыты фырттимæ, æвзыгъд, фæлтæрд фосдарджыти- мæ, иудзинад, семæ хæларады хыз сбийын. Иæхи-иу амондджын хуыд- та, Кæркуысты æфсымæртæ-иу се ’ууæнк кæуыл бафтыдтаиккой, уы- цы адæймаг. «Кæркуысты æфсымæртæ», «Кæр- куысты ^дзуг», зæгъгæ, ацы дзырд- тæ бадтысты алкæй былалгъыл дæр æмæ сæ хионæй|-æддагонæй алчи дæр сæрыстыр уыд, алчи дæр сын цыт лæвæрдта, кад сын кодта. Куыстуарзондзинад æмæ хæрзиуæг- дзинады миниуджытæй — æххæст, сæхæдæг уыдысты сæхицæн номгæ- нæг æмæ адæмы хорзæх дæр æнцо- нæй уымæн ардтой. ...Хицæн, лыстæг хæдзарадтæй стыр, хъомысджын хæдзарадтæ са- разын нæ партийы аграрон полити- кæйы бæрæг фæдыздæхт у. Фæлæ иуæй-иу бынæттон разамонджытæ рæстмæ нæ бамбæрстой партийы ацы политикæйы фæстиуæгон ныса- ниуæг æмæ хæххон колхозты баиу кодтой дард быдырон колхозтимæ, баиу кæнын сæ кæм нæ хъуыд, уым дæр. Уый аххосæй æдзæрæг фесты Ленингоры районмæхауæг хъæзныг- дæр кæмттæ: Сапершетгом, Дзи- мыргом, Чъуртагом æмæ æнд. Ахæм архайды амæттаг фæцис раздæры Хромисцъхъаройы исджын, хъомыс- джын, экономикон æгъдауæй фидар колхоз. Æхсайæм азты райдианы уый баиу Болы колхозимæ. Æнæ- хъусдардæй баззайгæ цæрджытæ сæ цæрæнтæ, сæ фыдыуæзгуытæ ныууагътой æмæ æндæр рæттæм, Дзæуджыхъæу æмæ Гуырдзыстоны быдырбæстæм фæлыгъдысты. Да- уыт йæ цыппар фыртимæ Болы дыу- уæ сыхы — Уæллаг Бол æмæ Мор- бедайы æрбынат кодтой, фæндзæм æфсымæр та Дзæуджыхъæумæ алыгъд. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Сæ фыды фарн нæ фæкъæмдзæстыг кодтой Дауыты фырттæ дæр. Уыцы уаз фарнæй уæлдай хайджын фæ- цис æфсымартæй дыккаг — Шора. Уый цардæмбалæн æрхаста ардисаг Хуыбылты кадджын æмæ уавæр- джын мыггаджы чызг Соняйы. Хуы- былон схъомыл кодта цьшпар лæп- пуйы æмæ дыууæ чызджы. Зæронд Дауытæй-иу арæх фехъуыстаис: «Мæ хохæй кæй ралыгътæн, уый мæ хъæбултæн æнæкъуылымпыйæ скъо- ломæ цæуын æмæ сахуыр кæныны фадат скодта. Адон тыххæй мæ фы- дыуæзæг ныууадзыныл фæсмон нал бакодтон. Фæлæ та мын адон дæр сæ фыдæлты бафæзмыдтой, фосимæ сæ хъысмæт сбастой. Фосуарзаг лæппутæ астазон скъола каст куы фесты, уæд сæ алчи дæр æрлæууыд йæ фыды фарсмæ, бацыдысты хи- цæн дзугты бæрн. Æрмæст ныр дзуг- тимæ Дауыты фырттæ Алекси, Эр- ди æмæ Харитон (Шорæйæ дарддæр иннæтæ) нал сты, фæлæ — йæ фыр- ты фырттæ Амыран, Джиуæр, Са- дул æмæ Федыр. Æниу æфсымæр- ты кæстæр рæстæгмæ нæй йе ’фсы- мæртимæ, службæ кæны Советон æфсады рæнхъыты. Уыцы æмбæста- гон хæс сæ радгай бафидын кæй хъуыдис, уыйадыл цыппар æфсы- мæры сæ фыдимæ иумæ дзугтимæ никуыма уыдысты. Алкæддæр дзу- джы бæрны вæййынц фыд æмæ йæ фырттæй æртæ. Æрмæст иунæг аз дæр чи фæуа дзугимæ, уый фосæй æнцонæй нал дæр фæхицæн уыдзæн. Ацы хъуы- ды кæронмæ раст кæй у, уый фæ- 74
дыл Кæркуысты цардæй, номхуьш- дæй сæ ныры Саркал Амыраны цар- дæй æрхæссæн ис иу-цалдæр цæ- виттоны. Æхсайæм азты, раст су- сæны мæйы ацы рæнхъыты автор æхсæвиуат кæнынмæ баззад Кæр- куыстæм. Дауыты фырттæ (раздæ- ры фæлтæр) сæ дзуг дардтай æмæ дыгътой хъæумæ хæстæг лæздар’æн- ты. Изæрæй дзугимæ æфсымæртæй иу бæззад, иннæтæ æхсæвæр хæ- рынмæ æруадысты хæдзармæ. Уаз- джытæн, сæхирдыгонау, лæггадыл фесты æмæ афæстиат сты. Фæлæ Шорæйы хистæр фырт, æхсæзаз- дзыд Амыран, уæддæр нæма бафы- нæй æмæ æнхъæлмæ каст, цæлы фынг кæд фæуыдзæн æмæ йæ фы- димæ лæздарæнмæ кæд ацæудзæн, уыцы уысммæ. Хуыбылон сусæг- æргом хæцыд йæ сæрыхицауимæ, лæппуйы æгæр кæй «скъулбадæг кодта», уый тыхдæй. «Сывæллон йæ къуыгъгъытт-къуыгъгъыттæй нал æнцайы, æвæццæгæн, суазал. Аф- тæмæй йын уемæ цæуæн нæй, фæ- лæ йын зæгъ æмæ бафынæй кæ- на», зæгъгæ. Лæппу куынæ фынæй кодта, уæд фыд æмæ фыдыфсы- мæртæ радгай ахъуызыдысты уæ- тæрмæ. Лæппу, иучысыл акæуыны фæстæ йæ мады коммæ бакаст æмæ йæ хуыссæны батылд. Раст æмбисæхсæв Хуыбылон би- нонты райхъал кодта, лæппу йæ хуыссæны нал ис, зæгъгæ. Фыды- фыд æмæ уазджытæй иу æмæхсæ- вæджы сæрвæтмæ схæццæ сты, лæппуйы уæйлаг нымæты бын фы- нæйгæнгæ сæййæфтой. Ахæм «хивæнд ми» - ма Амыран бакодта, йæ лæппуйы кармæ куы бахызт, уæд дæр. Болы астазон скъола каст фæуыны фæстæ йæ йæ фыд Сагурамомæ ныккодта æмæ зæрдæргъæвд лæппу хъæууон хæ- дзарадон техникум ветфакультет- мæ фæлварæнтæ æнтысгæйæ радта. йæ ахуыр дæр æнæзивæгæй рай- дыдта, фæлæ бонтæ куыд цыды- сты, афтæ йæ ахуырыл уæлæхох райдыдта. Фосуарзаг лæппуйæн дзугмæ ахсайдта йæ зæрдæ, фæлæ уал йæхиуыл хæцын фæрæзта. Иу- ахæмы техникуммæ æввæхсты ду- шеттаг фысгæстæ паддзахадмæ (цæттæтæм) раттинаг фосдзуг ра- тæлæт кодтой. Амыран сæ аудито- рийы фæрсагæй куы ауыдта, уæд дзы ахуыргæнæгæй йæхи ракурын дæр ферох, афтæмæй æддæмæ йаё- хи аппæрста æмæ фосы уæлхъус балæуу^лд. Уым фосыдзугимæ иу- дзæвгар æмдзу акæнын æмæ сæм фæкæсыны фæстæ æнкъардæй раз- дæхт. Аудиторимæ нал бахызт, æм- дзæрæндонæй сæхимæ рафардæг. Хæдзармæ дæр нал бахызт. йæ уæргътæ тыргъы æрæвæрдта, йæ- хæдæг аздæхт æмæ комфæхсты уæ- тæрмæ сфардæг. Уыцы бонæй ацы бонмæ йæ фиййауы лæдзæг нал ап- пæрста йæ къухæй æмæ ма йæ йе ’фсымртæ дæр бафæзмыдтой. * * * Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы. Куыстадон коллектив фыд, йæ фырттæй æмæ æфсымæртæй конд куы уа, уæд сæ разы ницы зындзинад фæлæудзæн. Сæ зын- дзинæдтыл фæуæлахиз сты Кæр- куыстæ дæр. «Районы фосдарджытæй соцеры- сы чи бацыд, уыдонæй се ’ппæтыл кæд нæ фæуæлахиз уæм, уæддæр нын нæ фосдарæг хæдзарвæндаджы традицион номæн цы нæ бахъахъ- хъæнгæ ис», — афтæ батæрхон код- той Кæркуысты фырттæ. Сæ дыстæ арфдæр басчъил кодтой. Æнæзиа- нæй сæ фосы дзугтæ 100 процентæй бахъахъхъæнг&ейæ, Хъызларæй æрыздæхтысты сæхимæ. Иу фысæй планы 2,5 килограммы бæсты ра- лвыдтой 3 килограммы къуымбил. Ахæм æнтыстытимæ æрбаздæхты- сты 1980 æмæ 1981 азты дæр. Фæ- лæ сæ æгæр стыр зын фæлварæны раз æрлæууын кодтой 1982 азы зы- мæджы стихион фыдхъызтытæ. — Уыцы зымæг мах, стæй Но- гъайы фæтæнтыуæвæг æппæт фыс- гæстæ цы æвирхъау фыдæбæттæ бавзæрстам, уыдон нæ никуы фе- рох уыдзысты. Æргом зæгъын хъæ- уы, уыцы аз гæххæттыл фыст дæр- зæг холладжы бæрцад натурæйы разынд бирæ къаддæр. Республи- кæйы, нæ областы æмæ нæ район- ты партион, советон æмæ хæдзара- дон органтæ куынæ фæцарæхстаик- кой тагъд рæстæг холлæгтæ æр- бафтауц кæнынмæ, уæд æнæмæнг фæтыхстаиккам. Афтæ, æмæ нæдзу- джы цотрайст тыхамæлттæй схызт 96 процентмæ, иу фысæй та ма ра- лвыдтам 2,6 килограммы къуымбил, 75
— хъыгæй загъта Кæркуысты дзу- джы æрыгон саркал Амыран. Ноджы æвадатдæр рауадысты 1983 азы æрдзон уавæртæ. Уалдзæджы ахаста иугæндзон хусрæстæджытæ, кæрдæджы хал не схауд, зæттаг фос тынг смæллæг сты. Ахæм уавæрты дæр Кæркуыстйе æнтыстджынæй ахицæн кодтой сæ химæрайсгæ хæс- Тæ. _. ’'?';'$ Кæркуысты Шорайы хæдзарвæн- даг районы фæллойгæнджытæн хорз цæвиттон дæтты хæлцадон програм- мæ сйеххæст ^æныны '>ахсджиаг хъуыддаджы. Æрвылаз дæр пад- дзахадæн ауæй кæнынц 1500—2000 килограммы фыдызгъæл æмæ 800— —1000 килограммы та — къуымбил. Амыран нын куыд загъта, афтæмæй æртæ æфсымæрæй æрхастой цард- æмбæлттæ æмæ ныртæккæ цæрынц хицæнтæй. Амыран йæхæдæг йæхи сæрмагонд хæдзарадæй паддзаха- дæн ауæй кодта 550 килограммы фыдызгъæл æмæ 340 килограммы та къуымбил. Æхсæнадон куысты æрвылаз дæр сæфæллойадон æнтыстытæй районы- раззагондæр фысдарджыты рæнхъы кæй вæййынц, уый тыххæй Кæркуы- сты Шора æмæ йæ фырттæ хорзæх- джын æрцыдысты паддзахадон хор- зæхтæй — медалтæй, вимпелтæй, лæ- вæрттæй. Кæркуысты æфсымæртæ иу хъуыддаг растыл нæ нымайынц. Амыран куыд зæгъы, афтæмæй мæ- гуырау æвæрд у мызд фидыны хъуыддаг. Æххуырст фиййæуттæн æрвылмæй дæр нымадæй фидынц фæйнæ 300 сомы. Сæ хæслæвæрдтæ куынæ сæххæст кæной, уæддæр сæ куыстмызд нæ цух кæны. Совхозы уæнг-фысгæстæн та, цахæмфæнды куыстадон æнтыстытæ куы уа, уæд- дæр сæ мæйы мызд нæ хизы уыцы æмвæзадмæ. — Газетты куыд кæсын, афтæмæй нардуатæй, кусæг ,куыстадон коллек- тивтæ арæзт цæуынц алы ран дæр. Ахæм методæй нæ дзугмæ ноджы разæнгарддæрæй базиликкам мах дæр, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ,куыс ты ахæм прогрессивон метод конда_ ды ныббиноныг кæныныл хъуыды дæр ничима кæны махмæ.—зæгъы Кæркуысы фырт æмæ ацы фиппаин- аг алкæмæй раздæр хъуамæ фехъу- сой æмæ нардуатæй кусæг бригадæ- тæ саразыныл бацархайой нæ райо- ны разамонджытæ. Амыранмæ гæсгæ, афон у, цæмæй сæрдыгон лæздарæнты дæр фий- йæуттæн саразой иугæндзон хала- гъудтæ, дзулфыцæнтæ, цæмæй-иу сæхæдæг кæной дзул æмæ йæ хæс- сынмæ хохæй хъæутæм мауал цæ- уой. ...Æрæгвæззæджы ирдгæ хæххон лæздарæнты чырс æвæрын райдыд- та. Райойы фысгæстæ сæ дзугтæ аз- дæхтой æмæ араст сты сæ дардфæн- дагыл Хъызлары зымæгон хизæн- тæм. Кæркуысты Амыран — Карк- уысты дзуджы саркал, журнал «Фи- диуæджы» радон номыр йæ роны тъыст, афтæмæй цæуы йæ дзуджы разæй. Иæ фæстæ гуырæй-гуырмæ цæуынц цыппар раздзоджы, Кæр- куысты æфсымæрты æрмахуыр цæу- Сæ сæртæ бæрзæндты хæсгæ, æк- куырсынц размæ æмæ дзугæн гæр- дынц развæндаг. К^æркуысты иннæ æфсымæртæ, дзуджы фæрсты цæу- гæйæ, цырд кæсынц тæлæтгæнæн трассæйы уавæрмæ æмæ тагъддæр нскъæрынц, кæм бахъæуы, уым тынг- дæр райхъуысынц се ’хсидтытæ, сæ ехсыты цъыччытæ. Фыд цæуыдзу- джы фæдыл, йæ фæдыл ласы уæргъ- æвæрд бæхтæ. Иæ зæрдæ райы йæ байзæттаджы æвзыгъддзинадæй, йæ- хи æнкъары амондджынæй. Цæуынц Кæркуыстæ сæ дардвæн- дагыл иу фæндимæ: сæ фосдзугæн бакæнын кæндзысты нормалон, ны- выл зымæгиуат æмæ йæ уалдзæг фæдывæр кæндзысты, афтæмæй æрбаздæхдзысты райгуырæн хæх- тæм. Æрбаздæхдзысты уæлахиздза- уы зæрдæйыуагимæ.
ГАГЛОЙТЫ ВАРВАРА, Гуырдзыстоны ССР-ны сгуыхт артисткæ. МÆ МЫСННÆГТÆЙ Мæ фыд Гаглойты Александр (Тъотъо) 1920 азы меньшевикты ныхмæ тохы рæс- тæджы уыд партизанты камандир æмæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты лыгъ- ды заманы баззад æд бинонтæ Цæгат Ирыстоны. 1930 азы уый йæ бинонтимæ ралыгъд фæстæмæ йæ райгуырæн . хъæу Къусчытæм. Ам ацард иу-цасдæр, стæй уырдыгæй дæр ралыгъди æмæ æрцард Цхннвалы. Къусчытæ зынвадат уыдысты æмæ дзы бирæ бинонтæн цард нæ фаг код- та, æндæра уарзгæ бирæ кодтам нæ фыдæл- ты уæзæджы. Тъотъо скъолайы никуы ахуыр кодта, уый фадат ын никуы фæци, фæлæ хæд- ахуыр уæвгæйæ, иттæг зæрдиагæй дардта йæ хъус æхсæны цардмæ. Коммунистон партимæ бацыд 1917 азы, Советон хицауад æрæвæрыны сæрыл уыд æнувыд хæстон лæг, æрдзæй хъаруджын æмæ хæд-зонд, уый цæрæнбонты кодта æхсæнады куыст, бирæ фæци бæрнон бынæтты дæр. 1932 азы райдыдта кусын тæрхонгæнæгæй (судæн). Раст уыцы аз бацыдтæн æз дæр ахуыр кæнынмæ техникуммæ, кæд мын мæ азтæм гæсгæ уым ахуыр кæнын не ’мбæлд, уæд- дæр мæ айстой. Фæаргъуц кодтой "мæ фы- дæй æмæ зæрдиагæй райдыдтон ахуыр кæ- нын, кæд фыдаз скодта, адæм хойрагыл тыхстыты, уæддæр. • Мах, ахуырдзаутæ, иууылдæр зылдхъуаг æмæ бæгънæг уыдыстæм, фæлæ нæхи хъар- дтам ахуырыл. Уымæй уæлдай ма зæрди- агæй цыдыстæм алыгъуызон хихъæппæри- сон анвадон къордтæм дæр. Нæ ахуыр- гæнæг Галаты Барис бакодта техникумы цалдæр хæдархайгæ къорды — хъисфæн- дырты оркестр, удавдзты оркестр, кафты æмæ зарды къорд, стæй нывнсыны къорд. Мах иу-цалдæрæй тынг зæрдиагæй цыдыс- тæм къордтæй се ’ппæтмæ дæр. Уыдонæй раззагонтæ уыдысты Абайты Таня, Хъуы- лымбегты Але% Джиоты Верæ, Джыгкайты Аким, Гаглойты Зауыр æмæ æнд. Уæд Цхинвалы горæты оркестр нæма уыд æмæ-иу бæрæгбонты рæстæджы пара- ды мах оркестр цагъта музыкæ. Мах цып- пар чызгæй цыдыстæм уыцы удавдзты ор- кестрмæ, фæлæ нæ уагътам нæ, куыст хъис- фæндырты оркестры дæр æмæ нæ арæх хуыдтой театры ацæгъдынмæ спектаклты рæстæджы. Ахæм бонты-иу, спекталмæ кæсгæйæ, тынг тæхуды кодтон артистыты хъазтмæ æмæ хъысмæтмæ. Уæлдай ыæ зæрдæмæ цыд зынгæ артисткæ Дзаттиаты Сонайы хъазт æмæ æгъдау. Уый йæ чысыл- æй фæстæмæ кæй уыд ирон театры сценæ- йыл, уый фæстæдæр базыдтон, фæлæ мæм уæддæр тынг диссаг каст йæ хъазт æмæ йæ фæлгонц. Раст уыцы рæстæджы базонгæ дæн мæ цардæмбал Саулохты Мухтъаримæ дæр. Фæстæдæр бацыдтæн кусынмæ театрмæ æмæ уæд нæ цард сну кодтам. Театры мидæг бахаудтæн тынг хорз аем- бæлтты ’хсæнмæ. Айстой мæ сæхи мадызæ- нæгау. Уæлдайдæр та Дзаттиаты Сона, Гуыбиаты Георги, Цæбиты Нинæ, Цхуыр- баты Барис, Абайты Оля, Гугкаты Алексан- дрæ, Къæбысты Гришæ æмæ æндæртæ. Уы- дон мын иттæг зæрдиагæй æмæ цæстуар- зонæй амыдтой сæ зонындзинæдтæ, сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ, кæддæриддæр куыстой мемæ, тынг сæ фæндыд, мæнæй дæр исты куы рауаид ирон сценайæн, уый. Æмæ сæ æэ бузныг уыдзынæн цæрæнбон- ты, ныр сæ куыд дæн, афтæ. Раст зæгъгæйæ, мæ царды фылдæр æмæ хуыздæр хай æз театры арвыстон æмæ мæ театры æмбæлттæ уыдысты мæнæн мæ бннонтæ, театр та — мæ хæдзар. Уæлдай- дæр 1946 азы январæй фæстæмæ. Уæд мæ- нæн фæмард мæ цардæмбал, фыссæг Сау- лохты Мухтъар, æмæ мæ цард нууылдæр снывонд кодтон нæ театры аивадæн, цалын- мæ мæ бон къахыл цæуын уыд% уæдмæ æдзухдæр уыдтæн театры. Нæ театры цард уыди мæ цин дæр æмæ мæ хъыг дæр. Театры сценæйыл æдæрсгæ мæхи хатын куы райдыдтон, уæд ралæууыд Стыр Фыды- бæстæйы хæсты дуг—иттæг зын æмæ тыхст рæстæг. Тынг зын уыди театры куыст дæр. Уыдыстæм бæгънæг, фылдæр æххор- маг. 7—8 мæйты-иу мызд нæ райстам, фæлæ нæ куыст никуы ныууагътам, ирон театры дуар нæ сæхгæдтам. Хуссар Иры цы къуы- мы нæ балæууыдыстæм, ахæм нын нал баззад. Цыдыстæм-иу, нæ фæндаггон риф- тæгтæ ке ’ккой, афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, къахæй. Раст зæгъын хъæуы, уæд хъæууон адæм сæхæдæг дæр тынг тыхстысты, сæ армы 77
дæр ницыуал уыд, сфæлахс сты, æмæ сæ мах кæм æндæвтаиккам, алкæмæн йæ сæр йæ кой уыд. Æниу сæ бон цы уыд, уымæй нæм кастысты, фæлæ-иу фылдæр хæттыты клубы кæнæ искæй скъæтты баззадыстæм. Нæ быны-иу ныккалдтам хос кæнæ хъæмп æмæ-иу ныккалдыстæм фæрсæй-фæрстæм фæллад æмæ æххормагæй. Бирæ худæг æмæ æнтъыснæг цаутæ лæууы мæ зæрдыл уæды куыстæй, уæды театры цардæй. ...Иубон та ацыдыстæм, нæ цъæх ами- рикъа дзæкъултæ не ’ккой, афтæмæй Ер- цъомæ. Уым æхсæвы равдыстам спектакль æмæ дыккаг бон хъуамæ ссыдаиккам Ко- тантомæ. Æз æхсæвы стæвд дæн æмæ мæ бон къахæй цæуын нал уыд, цæуын та æнæмæнг хъуыд^ спектакль раджы æрцыд нысангонд æмæ адæмæн фæсайæн нæ уыд. Ме ’мбæлттæ рацыдысты, мæн ныу- уагътой Цоциты Нинæ æмæ Пæррæстаты Дмитриимæ. Загътой, хъæуæй уæм дзоныгъ рарвитдзыстæм æмæ йæ ууыл раласдзыс- тут. Иу-цасдæр рæстæджы фæстæ нæм, æцæгдæр, иу лæппу æрбатардта галтæ æд дзоныгъ, дзоныгъы уæлæ куыф, куыфы та — хос калд. Мæн, схуыссын кодтой куыфы, мæ сæр галты ’рдæм, Нинæ æмæ Дмитри дæр сбадтысты мæ фæйнæ фарс. Лæппу галты сæрыл ахæцыд æмæ радым- дтам. Хъемултайы хидыл куы бахызтыс- тæм, куы схæрд кодтам, уæд галтæ, æвæц- цæгæн, стæвд сты, сæ чъизи къæдзилтæ ра- тил-батил байдыдтой, æмæ мын цыма ба- рæй фыдæнæн ми кодтой, уыйау мæ цæс- гом байсæрстой, раст чъырæй цæгъдæгау... Æз нырдиаг кодтон æмæ фæбадæг дæн. Лæппу галты æрурæдт^ Нннæ æмæ Дмитри фырхудæгæй фæйнæрдæм ахауд- той, лæппу дæр сусæгæй худы. Кæрдæджы цъуппытæй мæ бирæ фæрасæрф-басæрф кодтой, фæлæ уæддæр сæ худæг нæ урæд- той. Ныссыгъдæг мæ кодтой æмæ араст стæм дарддæр. Æз мæ куыфмæ хæстæг дæр нал бауæндыдтæн... Иухатт араст стæм Дзимыры коммæ, йæ рæбын цы хъæутæ ис уыдонмæ. Иу ран нæ иу чысыл доны сæрты хизын ба- хъуыд. Хидæн дзы йæ кой дæр нæ уыд, дон та уазал уыди. Уæд нын чидæр иу æнæбары бæх авæрдта æмæ йыл радгай хызтыстæм иннæ фарсмæ: разæй лæгтæй исчи, йæ фæсарц та устытæй иу. Пæбиты Варя фæци Мæргъиты Сосланы фæсарц бадт, фæлæ йæ къухтæ феуæгъд сты сар- гъы гоппæй, рабырыд бæхы къæдзилы ’рдæм æмæ доны ныммидæг тъæпæнæй.. Спектаклтæ æвдисæн нæ уыд бирæ хъæуты æмæ-иу уымыты æвдыстам кон- церттæ, ома иуæй-иу пьесæтæй скъуыд- дзæгтæ. Ахæм рæстæджы иууыл иумæ нæ цыдыстæм. Къордтæ-къордтæй цыдыстæм æндæр æмæ æндæр хъæутæм, афтæ æххæс- гæ дæр^фылдæр адæмыл кодтам. Кониерт- иу куы радтам, уæд-иу цыфæнды æнафоны дæр рараст стæм нæхимæ, цæмæй райсо- мæй уыдаиккам нæ куысты уæлхъус театры. Иуахæмы дын нæ къорд (æз уыдтæн Хъаирты Володяйы къорды) концерт рад- та Дзауы æмæ йæ уæлвæд. нæ театры дзау- ма нæ уæлæ, афтæмæй рацыдыстæм горæт- мæ. Чысыл куы рауадыстæм, уæд къæвда кæнын райдыдта. Уæд дын Мæхъиты Во- лодя йæ театры дарæс раласта, райсом та мæ хъæудзысты, зæгъгæ, æмæ сæ хуылы- дзæй хъуамæ ма скæнон,— йæ дæларм сæ бакодта, йæхæдæг айдагъ мидæггæгты не- мæ цæуы. Тамарашенмæ куы ’рхæццæ стæм, уæд бон кæнын райдыдта æмæ дын Хъа- ирты Володя хыл кæнын райдыдта Мæ- хъийы фыртмæ: «Дæ дзаумæттæ скæн, ныр мæнæ сбон æмæ худинаг у адæмæй, уый нæй, уæд та разæй ацу, махæй дæ куыд ничи æнхъæл уа!..» Валодя йын не сразы: «Æз уе ’мбал дæн æмæ уемæ цæ- уын. Кæд мæ уæ сæрмæ нæ хæссут, уæд та уе ’хсæн бабырдзынæн! «Æмæ, æцæг- дæр, не ’хсæнæй нал зынд. Гæдийы лæп- пынты хуызæттæй æрхæццæ стæм сæумæ цъæхæй нæ хæдзæрттæм... Иухатт та концерт лæвæрдтам Схли- ты. Фæсконцерт та рараст стæм æмæхсæ- вæджы нæхимæ. Иу уырдыджы мæ къах мæ быны фæдыдагъ æмæ йыл мæ бон лæу- уын нал уыди. Тынг, стыхстысты ме ’мбæ- лттæ дæр. Дзæгъæл ран уыд, æхсæв, æмæ мæ кæм ныууагътаиккой? Иннæмæй та нæ райсом куыстмæ цæуын хъуыди. Ницы амал æрымысыдысты æмбæлттæ æмæ мæ уæд Хъаирты Володя йе ’ккой бакодта, раст дзæкъул хæссæгау, æмæ мæ афтæмæй фæхаста суанг горæтмæ, цалынмæ чысыл мæ къахыл лæууынхъом фæдæн, уæдмæ. ...Бирæ цаутæ лæууы мæ зæрдыл уæ- ды рæстæгæй, фæлæ се ’ппæт чи фыссы, æрмæст се ’ппæт дæр дзурæг сты иу хъыуддагыл: тынг зын уавæрты фæкуыс- той уæд нæ театры артисттæ, фæлæ нæ национ аивадыл афтæ æнувыд уыдысты иууылдæр æмæ быхстой æппæтæн дæр, фæ- рæзтой уазалæн дæр, бæгънæг æмæ æххор- магæн дæр, сæ куыст иу бон дæр никуы ныууагътой. Æниу æй куы ныууагътаик- кой, уæд дæр сæм азым ничи æрхастаид: театры арт никуы уыди æмæ-иу не ’фсæр- тæ нындзыг сты уазалы, нæ репликатæ дзурын-иу нæ бон нал уыд. Ахæм рæстæ- джы ма-иу æрмæст Гуыбиаты Георги ни- куы уагъта йæ хъæлдзæг зæрдæйы конд: йæ къухтæ-иу ратил-батил кодта, йæ цæс- гомы норттæ æууæрста, йæ мидбынат гæп- пытæ кодта... Нæ театры артистты уæды фæлтæрæй ныр бирæ нал ис. Зын царды фæдтæ, зæ- ронд хъæдгæмттау, баззадысты алкæуыл дæр, чи ма дзы ис, уыдонæй дæр. Æз та уатæй бынтондæр нал стын. Хуыссын дон- зоныг æмæ базырсастæй иу ран, фæлæ мæ мид-зæрдæйы æмæ мæ хъуыдыйы иуда- дзыгдæр дæн мæ рагон æмбæлттимæ — мæ театры бинонтимæ. Æхсызгон мын у, хис- тæр фæлтæрæй ма театры чи ис, уыдон кæстæртæн кæй нæ ауæрдынц сæ аивадон дæсныйад, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæл- тæрддзинад. Æхсызгон мын у уый дæр, æмæ сæм кæстæртæ дæр кæй хъусынц, нæ арæхстджын æмæ æвзыгъд кæстæртæ нæ ирон театрон аивады тырысайыл бæрзонд кæй хæцынц æмæ йæ кæй никуы æруадз- дзысты ныллæгмæ! Мæнæн мæ бон ницыуал у баххуыс, æвирхъау низ мын ме уæнгтæ сбаста, фæ- лæ мæм уæддæр афтæ кæсы, цыма ме ’мбæлттимæ иумæ дæн, æз дæр ма хæцын нæ театры тырысайы къабазыл æмæ цин 78
кæнын ирон театры æнтыстытыл, ирон ар- тистты бæрзопд аивадыл!.. Уый мæм кæсгæ афтæ кæны, уæдæ цæуыл фæлæууа адæймаджы зæрдæ, æн- дæра йæ хорз зонын, æз ахъазхъом нал дæн нæдæр ме ’мбæлттæн^ нæдæр ирон театры аивадæн. Искуыдæм сæ аивад æв- дисынмæ цæуынц, зæгъгæ, куы фехъусын, уæд мæ сынтæджы хаудæй, иунæгæй сæ фæдыл, сывæллонау, фæкæуын. Зын у, тынг зын, уарзон куыст æмæ уарзон бннонтæй фæхицæн. Зын у æдзух æндзыгæй уаты сæйын, дæ былыцъæрттæ сыстынмæ хæ- рын... Фæлæ цы гæнæн ис?.. Мæхи сайы- нæн цыдæр æнæбары дзырдамайæнтæ фæ- кæнын: * Низ мын мæ уæнгтæ сбаста, Ивгъуыд бон мæ зæрдыл лæууы... Мæ къухдарæн сау хуыз райста, Мæ цæссыг мæ рустыл цæуы. Сæрттив мæ къухдарæн тагъддæр, Ме ’нгуылдз мын ма дар сау. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы! — загътой, Кæд фæзынид дæ радтæг лæгау! Сау цъиу мæм рудзынгæй зары, Алы сæумæйы фæрнæй, Уый мæ кæд азымы дары: Раст æмæ азарæм цæй!.. Цæй зарæнтæ æмæ ма цæй растæнтæ ис мæнæн!.. Мæнæн ма баззад æрмæст мæ ивгъуыд бонтæ мысын. Æмæ мæ зæрдыл лæууынц, фыццаджыдæр, нæ театры сце- нæйыл цы ролтæ ахъазыдтæн, уыдон. Хуыздæр мысинаг мын ницы ис... Фыццаг хатт сценæмæ рацыдтæн «ар- тисты» хуызы, чысыл ма куы уыдтæн, уæд æмæ «хъазыдтæн» массовкæйы чысыл лæп- пуйы роль Елбыздыхъойы пьесæ «Хазби- йы». Фыццаг нывы ныхасы кæрон мах, чы- сыл лæппутæ, хъазыдыстæм хъулæй. Куыддæртæй нын хыл бацайдагъ æмæ мæ- нæн мæ худ ахауд Загътон, бæстæ худи- нагæй байдзаг, чызг кæй дæн, уый фæбæ- рæг æмæ ма куыд хурмæ цæудзынæн або- нæй фæстæмæ!.. Фыртыхстæй мæ мæ дзу- ринæгтæ дæр ферох сты, фæкъуыхцы дæн бынтон. æмæ сценæйы æмбæрзæн куы сæ- хгæдтой, уæд кæуын райдыдтон, тыххæй ма мæ æрсабыр кодтой хистæртæ, зæгъгæ, афтæ дæр фæвæййы, уæгъды хъынцъым кæныс... Т| Уый фæстæ та мын радтой уырыссаг чызджы роль. уый дæр массовкæйы. Æз афтæ æнхъæлдтон, зæгъгæ, уырыссаг чыз- гæн йæ сæрыхъуынтæ æнæмæнг хъуамæ бурдзалыг уой. Уыйадыл сфæнд кодтон мæ сæрыхъуынтæ сахурын. Загътон, Калакмæ фæцæуон, уым мын сæ кæд хуыздæр саху- риккой. Ныццыдтæн, уæдæ цы, æмæ мын сæ Руставелийы уынджы сылгоймæгты хил- аразæны куы сахуриккой, стæй афтæ тынг, æмæ сау чызг бур-буридæй агæпп кодта. Куы рацæйцыдтæн, уæд стыр кæсæ- ны мæ разы æрбалæууыд æнахуыр чызг æмæ йæм кæсгæйæ баззадтæн. Хиларазæ- ны чи уыд, уыцы устытæ мыл худæгæй мардысты, ома йæхи нал базыдта ацы чызг!.. Афтæ райдыдта мæ артисты хъысмæт массовкæйы чысыл ролтæй, стæй уæд ахызтæн иу-цасдæр зындæр ролтæм: Ел- быздыхъойы «Дыууæ хойы» Сидахъоны роль, Бердзенишвилийы «Зынджы» Заре- тæйы роль æмæ æнд. Уый фæстæ та ра- лæууыд мæ уарзондæр персонажтыл кусы- ны рад: «Дыууæ хойы» — Хансиаты роль, «Хазбийы» — Нанайы роль, Санишвилийы «Арсены» — Ненойы роль, Островскийы «Хъæды» —.Аксюшæйы роль æмæ Туаты Дауыты «Сидзæргæсы» та сæйраг роль, æдыппæтæй — 114 ролы. Мæ ролтæ æндæр æмæ æндæргъуы- зæттæ уыдысты, фæлæ сæм æз стыр æмæ чысыл, сæйраг æмæ фæрсаг ролы цæстæй никуы кастæн, алкæуыл дæр дзы зæрди- агæй куыстон, мæ бон цы уыд уымæй. Уы- мæн æмæ нымадтон: алы фæлгонц дæр ног дуне у, ног удыхъæд, сæрмагонд ахаст ын ис цардмæ дæр æмæ дунемæ дæр, бацæ- уын хъæуы йæ хуызы, раст цыма мæхи хъысмæт у, уыйау æй равдисын хъæуы æмæ уый та у зын æмæ цымыдисаг хъуыд- даг алы актрисæйæн дæр. Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 100 азы сæххæсты бонмæ рацыд киноныв «Фа- тимæ». Уый адыл нæ театрæн областы къухдариуæггæнджытæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, хорз уаид «Фатимæ» сценæйыл æвæрд куы ’рцæуид, уæд. Зын хъуыддаг уыди ацы куыст бакæнын, уымæн æмæ нын рæстæг баззад æрмæст иу мæй. Фæлæ уæддæр театры коллектив дзырд радта: кусдзыстæм æхсæвæй-бонæй, æмæ «Фати- мæ» уыдзæн æнæмæнг не сценæйыл. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Фатимæ- йы роль бахæс кодтой мæнæн. Дывæшд кодтон мæхимидæг — райсон æй, ма йæ райсон?.. Вазыгджын хъысмæт ис Фатимæ- йæн, трагикон хъысмæт, зын хъазæн у сценæйыл, фæлæ йæм, раст зæтъгæйæ, мæ ныфс хастон, æрмæст мæ тыхсын кодтой дыууæ хъуыддаджы — фыццаг уый, æмæ ролыл бакусынæн уыди хæрз чысыл æм- гъуыд, дыккаг та уый, æмæ Фатимæ æв- зонг сылгоймаг у, иууыл фылдæр 26-аз- дзыд, мæныл та уæд 40 азы цыди æмæ уæнгтæй бæзджынтæ конд уыдтæн. Ацы фау мæм хастой ме ’мбæлттæ дæр, фæлæ дзы æндæр гæнæн ницы уыд æмæ райдыд- там кусын. Коллектив куыста æхсæвæй-бо- нæй, бирæ хæттыты-иу æнæхъæн бон репе- тицион залæй нæ рантыстыстæм. Тынг зæрдиагæй куыста спектаклыл æвæрæг ре- жиссер Гæззаты Степан дæр æмæ нын æр- улæфт нæ лæвæрдта. Уæлдай бирæ кусын бахъуыд мæн: иуæй вазыгджын ролы арф бацæуын хъуыд, цæмæй Фатимæйы фæндийæгтæ, йæ уды- хъæд, йæ зæрдæйы алы фæзилæн дæр ха- тыдаин мæхи зæрдæйы риуыгъдау; иннæ- мæй та хъуамæ мæхи смæллæг кодтаин, театрдзаутæ хъуамæ æууæндыдаиккой — сæ разы ис æвзонг ус, ас актрисæ нæ, фæ- лæ... Кæд мын тынг зын уыд, уæддæр ссæдз бонмæ фæрогдæр дæн фараст кило- йы æмæ мыл Фатимæйы дарæс дзæбæх æр- бадт. Фатимæйы фæлгонц дæр цыма æв- зæр нæ рауад. Адæм спектаклмæ цыдысты тынг цымыдисæй æмæ-иу баззадысты ра- зынæ Æз уый базыдтон, куыд хицæн те- атрдзауты ныхасæй, афтæ газетты рецензи- тæй дæр. Иу рецензчйы иттæг разыйы ны- хас загъта Фатимæйы фæлгонцæй Хареба- 79
ты Леонид: зæрдæ, дам, ныккæрзы Фати- мæйы — Гаглойгы В -^ы аи,з ^ъ^зтæй, уæ.лдлйдгэр æргсм траг::кон сптуациты. Аф1æ сæрзоььд аргъ скодтон ат;п фæлгонцгея газет «Заря Вестока»-иы дæо: «Мастерскь кграет цсптраллгую роль пье- с^ В. Гтло^рл. Она правдиво рассрыза- ст этог сложпьЛ драматнчсскчн обрлз, ве- ришь н ее жссту п слову, забызаешь, что ты пахсдн:пьсу: в теагре. Актриса гак быс- тро расте'1, что каждая ее рабога это сту- пенька вверх по нелегкому пути сценичес- кого мастерства. Спектакль с честью вы- держивает творческую конкуренцию с ки- нофильмом «Фатима». Чизоны, æгæр бæрзонд ныхæстæ ра- кодтой рецензенттæ, фæлæ сæ ныхæсты ис иу рæстдзинад: театры коллектив, æмæ уыцы нымæцы æз дæр, зæрдиагæй бакуы- стам нæхи Къостайы уацмыс сценæйыл рав- дисыныл æмæ уыцы зæрдиаг ми æнæмæнг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Мæ куыстытæй ма ахæм бæрзонд аргъ скодтой театрдзаутæ æмæ прессæ Туаты Дауыты «Счдзæргæсы» сæйраг фæл- гонцæн. Ацы спектакль равдыстам 1957 азы Тбилисы, нæ областы аивад æмæ ли- терат>рæйы дскадæйы рæстæджы. Уæд аизад-зонæг Эгацгзе Отар журнал «Хелов- неба»-йы фыста: «Декадæйы аивады рав- дгтсты æрмæст «Сидзæргæсы» Сидзæр- гæс — Гаглойты В. æмæ «Зæлинæпы» Уас- дже — Мамиты Д. куы уыдаиккой, уæддæр ацыдаид бæрзонд æмвæзадыл...» Ацы ныхæстæ мæхи сбуц кæнынæн нæ хæссын, фæлæ мын æхсызгон у, иу-чысыл уæддæр кæй фæахъаз дæн ирон театры аивадон рæзтæн, уый. Мæ мысинæгтæ цыбыр сты, нæ театры тыххæй дзуринæгтæ та бирæ ис. Æз дзы æрмæст цалдæр ныхасы загътон, фæлæ уы- дон дæр кæд исты ахъаз фæуаиккой, нæ национ театры чи куыста æмæ йын чи лæг- гад кодта, уыдон нæмттæ мысынæн% цы удуæлдай куыст фæкодтой, уый зæрдыл дарынæн. Апрель, 1982 аз.
БЯЗЫРТЫ АЛЫКСАНДР НАРТЫ ЭПОСЫ НСТОРН* XIV. МОНГОЛЫ ХАНТЫ СТÆРТÆ, АЛАНЫ АДЗАЛЫ КАТАСТРОФÆ ÆМÆ НАРТЫ СÆФТ Амæй размæ мах æрдзырдтам, X—XII æнусты печенег, кипчаг æмæ алан (асыйы) ахастытæ нарты эпосы цы фæдтæ ныууагътой, уыдæт- тыл æмæ ныр та æрдзурдзыстæм ХП1-æм æнусы хабæрттыл. Уыцы æнусы Централон Азийæ монголы хæхты ордæтæ рафсæрстой æмæ ныддæрæн кодтой Астæуккаг Ази, Раззаг Ази æмæ Скæсæн Ев- ропæйы паддзахадтæ æмæ сарæзтой Монголы импери Китайæ суанг Польшæмæ. Уыцы бæстæты адæмты ныццагътой, чи ма дзы аирвæзт удæгасæй, уыдонæн та сæ фæллой тæлæт кодтой æмæ сæ истой хъалон æрмæст хæзна æмæ фосæй нæ, фæ- лæ ма чызг-хъалон, лæппу-хъалон æмæ æфсæддон-хъалон сæхицæн цагъартæн æмæ иннæ адæмты ссæндынæн. Монголы ханты æнтыстытæн тынг баххуыс кодта Хурскæсæйнаг Ев- ропæйы æмæ Раззаг Азийы феода- лизмы цардуаг. Уырыс дих кодтой 17 хæдбар паддзахадыл (Киевы, Галицы, Волыны æмæ æндæр къняз- адтæ), Дешт-Кипчак Волгæйæ Днепрмæ дих кодта цалдæр хæдбар ордæйыл, Кавказы чысыл адæмтæй дæр алчи царди иу иннæмæ ницы бар даргæйæ. Афтæ бæстæ-дих ад- æмтыл куынæ хъуамæ фæуæлахиз уыдаиккой иу монгойлаг ханы 150—200 минон ордæ. Æрхъула-иу кодтой горæтыл кæнæ хъæуыл æмæ- иу сæ ныццагътой, фылдæр хæтты- б Журнал «Фидиуæг» № 1 ты-иу бынтон скуынæг кодтой цæр- джыты. Монголы ордæтæ цардысты фос- дардæй æмæ тырныдтой сæ басæт- гæ бæстæты сæдзæрæг кæнынмæ æмæ сæ фосхизæнтæ скæнынмæ. Мах ма дзырдтам Каспы денджызы дæлвæзы миниуджытыл, — дзадж- джын кæрдæг, зымæгон митцух, хъызтцух бæстæ,—ам æрбæстон сты Монголы хантæ дæр æмæ ардыгæй стæры цыдысты иннæ бæстæтæм. Афтæ сæвзæрд ног паддзахад Сыз- гъæрин Ордæ, йæ столицæ Волгæйы фурды был — Сарай. Дарддæры ныхасæн бахъуыды кæнын хъæуы раздæры ханты нæмттæ Бату 1236— 1254 азты, Берке 1257—1265 азты (Батуйы фырт Сæртæкæн иу азæй фылдæр нæ бантыст ханы бынаты, марг ын бадардæуыди), Саин-хан 1266 азы, Мунке-Темур 1267—1283 азты æмæ аф. æнд1. Цæмæй раиртасæм Монголы хан- ты стæрты фæдтæ нæртон эпосы, уый тыххæй уал зонын хъæуы исто- рион факттæ; куыд тох кодтой нæр- тон эпосы сфæлдисджыты фыдæл- тæ Монголы ханты ныхмæ æмæ цы баисты фæстагмæ. I. ТУГДЗЫХ ХАНТЫ СТÆРТÆ ÆМÆ АЛАН (АСАИЫ) БАБЫН 1235 азы Монголы хантæ сæ æм- бырды рахастой уынаффæ: «Завла- деть странами Булгара, Асов и Русь, которые находятся по сосед- 81
ству становища Бату»2. Ам <;Бул- гар» хуыдтой, Камæ æмæ Волгæ кæм баиу вæййынц, уыцы бæстæ; «Асы» та хуыдтой Аланы кзекæ Иры бæстæ. Монголы æмæ пысыл- мон чингуыты азнымад хицæн кæ- ны нæ азнымадæй æмæ ам лæвæрд- æуы æввахсдæр азы цифрæ. 1236 азы райдианæй марты кæ- ронмæ венгриаг бæлццон Юлиан фæцарди «в населенной и возделан- ной Алании» æмæ сæм бафиппайдта быдираг аланмæ ахам дзыллæ^ «сколько там селений, столько там вождей (князей) и ни один из них не имеет подчиненного отношения к другому»3. Æмæ дзы уæд Монголы ордæ нæма уыди. Фæлæ, æвæццæ- гæн, уыцы азы кæрон (гъе та 1237 азы райдайæны) Цæгат Кавказы монгол басастой, æрмæст бæрзонд хæхты ма сын аззадысты æнæбасæт- гæ лекъ, авар, цæцæн, ир, адыгъе æмæ æнд. Уым сæ фосæн ницы хол- лаг уыди, стæй хантæ хъæды æмæ айнæг къæдзæхты хæцынхъом нæ уыдысты. (Цъымараджын æмæ хъæдджын Новгороды бæстæ æмæ Хурныгуылæн Гуырдзымæ — Кол- хидæмæ сæ ордæ цæугæ дæр нæ бакодта). Историк Рашид-аддин (1247— 1317) афтæ фыссы: «В год курйцы (4. IX. 1236—23. VIII. 1237) Менгу- хан с левого крыла шел облавой на берегу моря Каспийского. Бач- мана — одного из бесстыднейших эмиров томошних из народа кипча- ков и Качир-уле эмира из племени асову обоих забрали...» æмæ ма но- джы: «захватил предводителя чер- кесского Турбаша и предводитель асского Иджи Жтот Бачман с груп. пой других воров спасся от меча; к нему присоединялись скопища других беглецов. Он бросался во все стороны и что-нибудь да уно- сил>\ Ацы хабар стыр ахсджиаг у сæрибарыл тох æвдисынæн. Уæдæ 1237 азы Менгуйы æфсад куынæг кодтой Волгæйæ Кавказы хæхтæм кипчак, асы (алан) æмæ адыгъейы (черкес, кæсæг) парти- занты. Ассон фæтæджы ном «Ка- чир» ныр дæр нæ ономастикæйы ис «Гацыр», зæгъгæ. 1239 аз. Китайаг историкты ха- бармæ гæсгæ «Монгольские нойоны (фæтæгтæ) Гуюк и Мунке... Зимою во втором месяце дошли до города асов Ме-цио-си. Город благодаря непреступности долго не сдавался. В 1240 году в первом месяце пред- водитель с одинадцатью, готовыми умереть, храбрецами взобрались по осадным лестницам, впереди же поставили .одиннадцать пленникон. Они громко закричали: «Город пал». За ними полезли, как муравьи, один за другим все остальные во- ины, и город пал»5. Фидæрттæ исгæйæ, монголы æф- сæддонтæ-иу сæ разæй цæуын код- той уацайрæгты, — афтæ сæхи хыз- той се знæгты фæттæ æмæ æрцы- тæй. Китайæгтæ Ме-цио-си кæй хуыдтой, уый иронау цы хуындаид, уый зын зæгъæн у. Нырма не сбæл- вырд уыцы горæты хъæууат. Горæ- ты цæрджыты иууыл ныццагътой æмæ сæ кой фесæфт. Историк Рашид-аддин фыссы: «Гуюк-хан, Менгу-хан, Кидан и Бу- ри направились к городу Минкас (къухфысты М-Н-К-С) и зимой после осады, продолжавшейся один месяц и пятнадцать. дней, взяли его. Они были заняты тем походом, когда наступил год мыши» (1239 — 1240)6 Ацы алайнаг горæт Минкæсы хъæууат дæр бæрæг нæма у. Историк Джувеини куыд зæгъы, афтæмæй уыцы горæт ист æрцыди тынг зынтæй. «Жители М-Н-К-С по многочисленности своей были (как) муравьи и саранча, а окрестности были покрыты болотами и лесом до того густым, что нельзя было про- ползти змее. Царевичи сообща ок- ружили с разных стороы и сперва с каждой стороны устроили такую ши- рокую дорогу, что могли проехать рядом три-четыре повозки, а потом против стен его выставили мета- тельные орудия. Через несколько дней они оставили от этого города только имя его. И взяли много до- бычи. Они (ханы) отдали приказа- ние отрезать людям правое ухо. Досчитано было 27000 ушей7. Ацы хабарæй зыны, монгол-иу цы цæрæнуатыл æрхъула кодгой, уый цæрджытæй удæгасæй никæй уагътой. Марын, марын æмæ ма- рын — уыди сæ фæтк. Сæдзæрæг сæ кодтой, уæлдайдæр Дон, Волгæ æмæ Цæгат Кавказы бæстæты. 62
Ацы горæт Манкас кæнæ Магас уыдаид кæмдæр Сунжæ кæнæ Терчы атагъаты Каспимæ бакæлæнты ’рдыгæй. Археолог В. Б. Виноградов æнхъæл у, ома, нырыккон Грозн.х- йырдыгæй «находится Алхан-Ка- менское городище. Некоторые ис- следователи считают, что это горо’- дище — остатки ранней столицы Алании «Благочестивого города Магаса» упаминаемого... географом X века Масуди».8 1246—1247 азты бæлццон Плано Карпини Монголмæ цæугæйæ, фæ- ци йæхæдæг Цæгат Кавказы æмæ базыдта: «Имена земель, оказав- ших им (монголами) мужественное сопротивление и доселе еще не под- чиненные им суть следующие: Ве- ликая Индня, Мангия, некая часть аланов, некая часть Китаев... И в нынешний день с одной горой в земле аланов... они осаждали ее уже двенадцать лет, причем те оказали им мужественное сопротив- ление и убили много татар и при- том вельмож»9. 1253 азы францаг бæлццон Гиль. ом де Рубрук фæпæйцыди Монгол- мæ Цæгат Кавказы Хъуымы быдыр- ты Волгæйырдæм æмæ банысан кодта: «К югу у нас были величай- шие горы, на которых живут по бокам... Черкесы и аланы, или аас, которые исповедуют христианскую веру и все еще борятся против татар... Был у Сартака в трех днях пути к западу от Итиля (Зол~а), добрались 30 июля; пробыг. у 4 дня и пошли дальше к Бату на берег Итиля... А на пути м’ежду ним (Сартаком) и его отцом мы ощущали сильнцй страх: именно русские, венгры и аланы, — рабы их (ома монголы дæлбар), число которых у ’них весь- ма велико, собираются зараз по 20 или 30 человек, выбегают ночью с колчаками и луками и убивают всякого, кого только застают ночью. Днем они скрываются, а ночью подбираются к табунам лошад.ей на пастбищах... и уводят с собою. Наш проводник с*1 гьно бокчся такой встречи»10 Уæдæ монгол-тæтæры къухы цы бæстæтæ бафтыди, уым ма удæга- сæй чи аззадис, уыдон чысыл пар- тизанон къордтæй тох кодтой ок- купантты ныхмæ. Чартолог тау- рæгъты куы сæмбæаа, нар-п <ллф"ы ацыдысты æмæ æцæгæлæтты рæгъ- ау раскъæрдтой, зæгъгæ, уæд уал уый бирæгъы кæнæ бандитты лæ- бурд схоныны размæ хъуамæ ахъ- уыды кæна: цыма уый партизанон тохы акт нæу окупантты ныхмæ? (Кæс уый тыххæй нæ уац «Нарты хъомгæсты куысты лæгдзинад зы- мæгон фосхизæнты» Журнал «Фи- диуæг», 1981, 12, 84—85 ф. ф.). Стæй та Рубрук Монголæй куы раздæхт фæстæмæ дыууæ азы фæс- тæ, уæддæр та фыста: «Аланы на этих горах все еще не покорены, так что из каждого десятка людей Сартака двоим надлежало кара- улить горные ущелья, чтобы эти аланы не выходили из гор для по- хищения их стад на равнине».11 Уæдæ хохæй рацæуæнты, алы ко- мы дымæгмæ дæр, Монголы хантæ æрæвæрдтой хъалагъур æфсæдтæ æмæ хохæй быдырмæ ракæсæг нал уагътой... Цæгат Кавказы алан (асы) быдырты куынæг æрцыдысты, уый уыди аланы адзалы катастро- фæ. Аззади ма дзы, Монголы ханты стæрты размæ дæр хохы чи царди, уыдон æмæ ма сæ адзалы кардæй цы къордтæ баирвæрзт хохмæ, уы- дон. Фæлæ сæ уым дæр нал уагъ- той æнцад. 1277 азы рагон уырыссаг историк фыста: «Князи мнози с бояры и слугами поехаша на войну (вмес- те) с царем Менгу-Темиром, и по- може бог князем русскым, взяша славный град Ясьскый Дедяков... и полон и корысть велику взяша... а град их огнем пожгоша»12. Ацы Дедяковы (вариант Тетяко- вы) бынат æндæр документы амо- нынц: «За рекою Терком на реце на Севенце (вариант Сунже) под градом Тетяковы, минувши же все горы высокие Асиськие и Черкес- ские, близ Врат Железных...», ома Теркæн йæ хуссайраг фарс Арвы- коммæ кæнæ Дербентмæ æввахс Сунжæйы атагъайы. Фæлæ нæ архе- ологтæ уыцы горæты хъæууат нæма ссардтой. Уæдæ афтæ, Кубанæй суанг Да- гъестанмæ тыгъд быдырты æмæ хохрæбынты цы алан (асы) царди, 83
уыдон цагъды фесты Монголы хан- ты адзалы кардæй. Уый уыди сти^ хион æппæт сафгæ катастрофæ. 2. АЛАНЫ (АСЫЙЫ) БАБЫН ÆВДЫСТÆУЫ НАРТЫ СÆФТЫ ТАУРÆГЪТЫ Цас арф æмæ куыд æмбæрста рагзаманы адæймаг рагзаманы ис- торион цау æмæ катастрофæ, стæй- иу сæ цы фæлгонцты æмæ нывты сфæлындзыдта йæ аивады? «Всякая мифология, — зæгъы Карл Маркс, — преодолевает, под- чиняет и формирует силы природы в воображении и при помощи вооб- ражения... Предпосылкою гречес- кого искусства является греческая мифология, то есть природа к об- щественные формы, уже перерабо- танные бессознательно-художест- венным образом народной фанта. зией... Египетская мифология ни- когда не могла бы быть почвой или материнским лоном греческого ис- кусства»1*. Куыд грекъ, славянтæ æмæ æн- дæр адæмтæм, афтæ Иры рагзама- ны нæртон таурæгъты дæр зыны ирон мифологийы сфæлдыста- дон тых: историон катастрофæты мифон хуыцауы фæнд æмæ мийæ интерпретаци кæнын. Æркæсæм-ма нæ проблемæмæ ахæм цæстæй. Киевы паддзахады къняз Влади- миры галуанты уырыссаг бæгъатыр- тæ цæрынц æмæ хæцынц Азийæ цæуæг ордæты ныхмæ. Илья Муро- мец басаста Идолище, — печенегы персонификацигонд фæлгонц; Ал- еша Попович фæуæлахиз Тугари- ныл-Тугорханыл — половецы пер- сонификацигонд фæлгонц, æмæ аф, æнд. Фæлæ 1239—40 азты Киевы паддзахад бахауд катастрофæйы — Батуйы æфсад æй бабын ’кодтой, бабын сты Киеваг бæгъатыртæ дæр. - Уыцы катастрофæ фольклорон канонтæм гæсгæ- - снывчындæуыди былинæйы «Отчего перевелись бо- гатыри на святой Руси». Киевы бæгъатыртæ авдæй ацыдысты ты- гъд быдырмæ. Сафат-доны б >• 7 æрбынат кодтой. Уалынджы фæзын- ди «силушка неверная», фæлæ йæ оæгъатыртæ адæрæн кодтой ачмæ и сæхицæй æгæр æппæлын байдыдтой, сæхиуыл æгæр фервæссыдысты. Алеша Попович ма фырхъалæй дæр ныхъхъæр кодта: «Подавай нам снлу хоть небесную: Мы н с тою снлой, братцы, справимся!» Только молвил слово неразумное, — Поязились двое супротнвннков. Алеша сыл йæхи ныццавта, фæ- лæ диссаг: йæ астæуыл кæй ахауын кæны, уый дыууæ удæгас æфсæд- доны фесты... Афтæ бæгъатыры æхсаргæрдты цæфтæй знаг фылдæ- рæй-фылдæр кæны æмæ быдыр бай- дзаг. Испугались могучие богатыри. Побежалп к камениым горам... Как на месте и окаменели, С тех пор могучие богатыри И перевелись на святой Руси. Афтæ уæларвон тыхтæм фæсидт уырыссаг бæгъатырæн катастрофæ- йы бахаудау фæци, ома, историон цау интерпретацигонд æрцыд мифо- логон фæзындæй. Раст афтæ рацыд-и нæртон бæГъа- тырты хъуыддаг дæр. 1925 азы Джусойты Кудзийы ныхæстæй ныф- фыстæуыди таурæгъ «Нарт куыд фесæфтысты». Нарт сæ фырхъалæй фæсидтысты уæларвон тыхмæ, — хуыцаумæ арвыстой ахæм ныхас сæ фыдбылыз Сырдоны ардыдæй: «Мах ын лæггад бирæ фæкодтам, фæлæ нæм уый йæхи дæр никуы равдыста. Йеныр рацæуæд æмæ нын æнæ хæцгæ нæй». Хуыцау сæм æрæрвыста ахæм ны- хас: «Майрæмбоны-иу рацæут уæ хæ- цæн Хызы быдырмæ, æплында^р уæ фæстейæ куынничиуал баззайа, æмт уын йеуæд равдисдзынæн мозки. .» Нарт иууылдæр æрæмбырд сты Хызы быдырмæ, Уазы къуыпи уы- дис сæ фæлгæсæн. Хуыцау гъе уы- цы хох фæфæлдæхта æмæ нарты адæмы йæ быны фæкодта». («Хус- сар Ирыстоны адæмон уаимыстæ», I, 1929, 88—96 ф. ф.). 1934 азы Ручъы хъæуы М-еогьить Иликъойæ проф. Абайты Вассо ныф- фыста таурæгъ «Нарты сзефт». Уым га Хуыцау æрæрвыста нартмæ -аг- æм кыхас: «Цы, дам, уæ хъ?руьг æнусы цард, дам, æви æнусы кой?» Уыдон загътой: — «Цы дзы кæ- нæм æнусы цардæй... Фæлæ нæ фæ-
стагæттæн куыд баззайа нæ кой». Афтæмæй сæ хор цæттæ нал код- та æмæ алчи дæр йæ хицæн ингæн скъахта æмæ уым сæхи калын бай- дыдтой. Афтæ ^грцыд нартæн сс сæфт. («Из осетинского эпоса». 1939, 53—54). Ам дæр мифологон æрмæгæй нæ аирвæзтысты историон факт равдисынæк. Дагъестанырдыгæй цæрæг быди7 раг аланы катастрофон сæфт цæ- цæн æмæ мæхъæлмæ равдыстæуы- ди æнæфенгæ диссæгтæй. 1897 азы И. Магомедов пу цæцæйнаг — Ге- хийы хъæукк’агæй ныффыста фы- дæлтыккон хабар «Куда девались нартьт Эрхустойцы?» (Æхсæртæкка- ты нарт). Уыцы таурæгъы «Нарты, пьющие расплавленную медь, пере- селились на небо. На западе есть семь звезд и это и есть пропавшие нарты».. (Сборник матсриалов Для описания местностей племен Кавка- за. XXII, 1897, 12). Ам> та астралон мифологийы бæрны балæууыдысты истори равдисынæн. 1870 азы Г. Ахриев ныммыхуыр кодта адæмон мæхъæлон таурæгъ нарты сæфты тыххæй. «Нарты Орстхойцы (Æхсæртæггатæ) хотя и верили в бога, но всегда вели борьбу с ним. В наказание за это бог постоянно противодействовал их желаниям и предприятиям. Если бывало нарты посеют хлеб, то на пашне их вырастала трава... Тогда они... расплавили красную медь и выпили ее». (Сборник сведений о кавказских горцах. IV, 1970, 2—3). Ам дæр нæ фæиртæстысты мифоло- гон интерпретацийæ, — ахæм заман уыд. Уæдæ Терчы æмæ Каспы рдыгæй быдырты аланы (асыйы) сæфт цæцæн æмæ мæхъæлы фольклорты дæр интерпретацигонд цæуы нарты схъал уæвынæй æмæ уæларвон тыхтимæ быцæу кæныны аххосæй, ома мифологон æгъдауæй. Кубаны донырдыгæй цæрæг аланы (асыйы) сæфт та æвдыстæуы ады- гъейы фольклоры дæр мæнæ афтæ: 1957 азы фольклорист А. М. Га- дагатль ныффыста Адыгъейы об- ласты Усипт Чешахъойæ легендæ «О том, как нарты ушли из нашего края». Нæртон хуым кодта быдыры æмæ йын йæ ус хъæуæй æрбацæй- хаста хæринаг. Фæндагыл ауыдта адæймаджы æмæ йæ йæ дзыппы авæрдта (легендæмæ гæсгæ нарт уыдысты фыдыстыртæ). Иæ лæгæн æй равдыста, æмæ гутондар нæртон загъта: — «В наш край пришел тот, кого называют «неказистым человеком». Нам здесь больше нечого делать. Он тут же запрег снова волов и вернулся домой. — Нам здесь делать больше нече* го, — сказал он, — и уехал из на- шего края и увез с собой нартов. Край остался адыгам». (Нарты. Адыгейский героический эпос. 1974, 433 ф.). Уæлдæр мах дзырдтам, адыгъе, черкес куыд тох кодтой аланимæ нумæ монголы ханты ныхмæ, дыууæ аборигенон адæмы æхсæн хæрам- дзинад нæ уыди, конфликт нæ уы- ди. Æмæ аланы катастрофон сæфт æмæ сæ зæххыл æрцарды хъуыд- даг (Сыгъзæрин Ордæйы бабыны фæстæ) адыгъейаг адæмон айвады дæскы æвдисы æнæконфликт, æнæ- фыдбылыз «мæнæ мæ хъысмæт афтæ у», зæгъгæ, — нæртон сыстад æд бинонтæ æмæ ацыди. 3. ÆХСÆРТÆГГАТЫ МЫГГАДЖЫ ИСТОРИОН ХЪЫСМÆТ 1356—1357 азты Чингисханы фыр- ты фырт Хулагу сарæзта монгойлаг паддзахад Раззаг Азийы, историктæ йæ арæхдæр хонынц йæ раздæры номæй Иран, йе столицæ — Тебриз. Сæ паддзæхты сын хуыдтой «иль- хантæ» (иль, аль-адæм, ома адæмы хан). Сыгъзæрин Ордæйы хантæ фæ- быцæу сты Ираны ильхантимæ, Фæскавказы цы тæлæт æмæ хъалон æмбырд кодтой, уый тыххæй, —ал- чи дæр сæ йæхи хуыдта. Хулагу- ильхан бавдæлд æмæ йæ бæстæйы Берке-ханы хæстæджытæ æмæ фарсхæцджытæй чи царди, уыдоны ныццагъта. Æмæ сомихаг историк Киракос Гандзакеци (1202—1271) афтæ фыссы: «Узнав об этом, Беркей собрал бесчислеыное и несметное войско, чтобы пройти отомстить Хулагу за кровь сородичей своих. А вел-ткий Хулагу тоже собрал огромно^ войс- ко, прошел далеко за Дербентскими 85
йоротамй... Другую рать он собрал у Аланских ворот (Арвы-^омьц... дошел до великой и оездонкой ре- ки Терки... И у великой реки имело побоище... множество людей уто- нуло в реке. Тогда Хулагу повер- нул обратно и вышел за пределы Дербентских ворот» (з Закавка- зье)14. Афтæ Цæгат Ирыстоны 1261— 1262 азты Арвы-комы цур Хулагу æрæмбырд кодта аланы æхсæн æф- сад, фæлæ йыл Берке фæтых æмæ фæстæмæ Ираны ’рдæм ацыди, йæ аланы æфсад дæр йемæ ацыдыс- ты Берке-ханы тæсæй. Рагон гуырдзиаг историк уый тыххæй афтæ фысы: «От монголь- ского хана Беркея, засевшего в Осетии, спаслись бегством две уди- вительные женщины Лнм и Аган, с ними были дети одной из жен- щин—Пареджан и Бакагир из ро- да Ахсартакаян, а также множе- ство князей. Они прошли через Дербент, вступили в Грузию и предстали перед царем Давидом и поселил он одних в городе, други* в Джанисе, а третьих в Жинвале»15 (Душетмæ хæстæг). Ирæттыл дзæбæхæй чи сæмбæлд, уый уыди Дауыт Сосланы фырт Георги Лашайы фырт Давид. Гуыр- дзымæ уыди ахæм фæтк: лæппуйыл- иу сæвæрдтой йæ фыдыфыды пер- соналон ном; уый тыххæй паддзæх- тæй уыди 12 Давиды, 6 Вахтач- джы, 12 Георгийы æм*> аф. дард. Рагон чингуты-иу сæ ном йеддæмæ ницы бæрæггæнæн уыди, датæ дæр искуы-иу ран йеддæмæ иæ уыди æмæ цаутæ хæццæ кодтой. Ныры историктæ сын æвæрынц инициал- тæ: Давид VIII, Вахтанг VI æмæ аф. дард. Георги Лашайы фырты хонынц Давид \ лу \Шм Профессортæ Æлборты ЬарИч. æмæ Мзия Андроникашвили сбæл- вырд кодтой, уыцы дзырд «Ахсар- тикаян» кæй у ирон «Æхсæртæг- гаты вариант15. Ном «Пареджан», чизоны, ирон ном «Фардзины (Фардзинтæ)» гуырдзиаг варпант у (уыдонмæ зæл «ф» нæй æмæ йæ бæсты фæзæг/ьынц — «П» ■— физи- ка-пизика). Дзырд «Бахъатар» гуырдзиаг чикгуыты нысан кæны æрмæстдæр персоналон ном (ирон «Бæгъатыр»-ау), æнæуи бæгъатыры та сæм хоныпц «гмири». Æхсæртæггаты лæппутæ куы рахъомыл сты, уæд службæ кодтой Георгий Лашайы фырт Давид VII- мæ, уый фырт Дмитрий П-мæ (1273—1289) æмæ уый фырт Да- вид VIII (1289—1301 азты). Мон^ голы ханты традицийы бын Гуы- рдзы бæстæ дих ныцци, къниæзтæ æмæ азнауртæй алчи йæхи пайда- йæн архайдта, фæллойгæнæг адæм се сæфты къахыл кыллæуыдысты. Монголы нойонтæ кæрæдзийыл. ар- дыдтой иу бæстæйæгты иннæ бæс^ тæйæгтыл æмæ~ адæм схæццæ сты... 1289 азы Ираны ильхан Аргун (1282—1292) фæсидти йæхимæ паддзах -Димитрий П-мæ æмæ йæ амарын кодта. Иæ бынаты йын сæ- вæрдта Русуданы фырты фырт Вах- танг II (1289—1293). Уый уыди Хурныгуылæн Гуырдзыйы (Абхазы) паддзах æмæ йæ уырдыгæй Тбилис- мæ ныккодтой. Димитрийы фырт Давид VIII та Пареджанимæ ,æд æфсад ильхан акодта дард бæс’тæ- тæм хæцынмæ. «А Давид VIII боль- шую часть времени провоцил при каане. Хотя мтавар овсов Фарсджан добром служил царю...»17 1291 азы ильхан цæмæндæр æр- хъавыд Давид УШ-ы паддзах скæ- нын. «Царевич овсский по имени Фареджан также весьма содейство- вал Давиду VIII. Но другим мта- варам грузинским ь»е угодно бкло воцаренке Давида VIII»18. Æмæ та Вахтанг II йæ бынаты баззади. 1292—1293 азты (?) «А в ту пору Фареджана (вариант: в отсутствие Пареджака)... полонили овсы и го- род Гори...19 1295 азы Ираны ног ильхан Газан- хан (1295—1304) фæсидти йæхимæ Давид УШ-мæ, фæлæ йыл уый нæ баууæндыд æмæ Арвыкомырдæм хæхтæм йæхи айста. Уыцы заманы «Багатар усилился и разорял Кар- тли, Триалети, сгонял с вотчин аз- науров»20. Ам хъуыдыйаг у ахæм хабар дæр: гуырдизаг историктæ К. А. Бердзе- нишвили, В. Д. Дондуа æмæ æндæр- тæ сæ чиныг «История Грузии»-йы афтæ зæгъынц: — «крестьякиы ке мог более выдержать... поборов, производимых грузинскими феода- лами и монгольскими баскаками, 86
он Сфосал обесцененное хозяйство... Ильхан Газан-хан в 1303 году из- дал указ... возвращать беглых». Æмæ ма ноджыдæр: «В то же самое врег/.я в Грузии обострились отношения между гор- скими обществами и долиной. Гор- цы старались избавиться от навя- занных им силой феодальных отно- шений, восстановить былую свобо- ду. Они убивали царских эристаьов, правителей и других чиновшьюз, изгоняли служителей христианскоп церкви, соверщали набеги на до- линные области»21. Ацы ахсджиаг æмæ раст хъуыды- тæм гæсгæ аргъ кæнын хъæуы, æвæццæгæн, Бæгъатыры хъуыддæг- тæн дæр. Гуырдзыйы уæд цы лигъ- дон ирон адæм царди, уыдон нымæ- цæй чысыл уыдысты æмæ æрмæст сæхæдæг æнæ гуырдзйаг хъалондар- тæ æмæ æнæ гуырдзиаг хæххонтæ иунæгæй Гуры фидар систаиккой кæ- нæ азнауырты сæ хъæутæй сырдта- иккой, уый гуырысхойаг у. Ноджы аристократон рагон историктæ мæ- гуыр зæхкусæг адæмы растады- иу абырджыты лæбурдыл нымад- той, æрмæст Гуырдзыйы нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр, Ираны дæр æмæ æндæр паддзахæдты дæр. Хъыга- гæн, Фæскавказы классон тохтæ XIV—XV æнусты куыд цыдысты, ууыл зонадон-иртасæн куыстытæ къухты нæма бафтыдысты. Гъе, ахæм вазыгджын æмæ хæццæ дугмæ сæ æрхаста Æхсæртæггаты байзæттæгты Терчы донæй Арагуийы доны атагъамæ сæ хъысмæт. Бæ- гъатыр амарди йæхигъдауæй 1304 азы, Пареджины адзал баерæг нæу. Уыдоны хабæрттæ Нарты эподмæ нæ бахаудысты, фæлæ Гуры фида- ры кой дардыл хъуыстгонд у æмæ йæ ном бахауд Хызы фи’дары бæс- ты нæ эпосмæ. 1881 азы В. Ф. Миллер спублика- ци кодта «Сказание о Сослане». Уым Сослан йæхи сармадзаны сиф- тыгъта, фехста, Гуры фидары къул- тæ батыдта æмæ дзы Агуындæ-рæ- сугъды йæхицæн усæн рахаста. (Осетинские этюды, I, 147—150 ф. ф.). 1970 азы Гарданты Михал хæх- хон таурæгъгæнæг Кертйбийæ ныф- фыста таурæгъ «Гуры фидары æф- сад». Уым та Сослан мардæфсой фидары кулдуармæ ныффæлдæхт æмæ йæм æлдар æддæмæ куы ра- хызт, уæд æй амардта æмæ йын йæ чызг Агуындæйы йæхицæн акодта. (ПНТО, II, 1927, 47—50 ф.ф.). Ацы сюжеттæ фылдæр таурæгъты баст сты, Хызы фидары æлдар Че- лæсханы чызг Агуындæйы Сослан куыд байста йæхицæн усæн, уыимæ, æрмæст дзы Хызы фидары бæсты дыууæ варианты Гуры фидар бацæ- уы. Гæдиаты Цомахъ рагон гуырдзи- аг чингуыты уæлдæр æрхæсгæ ха- бæрттæм гæсгæ ныффыста драмæ «Ос-Бæгъатыр», кæцыйы æвдисы ирон æмæ гуырдзиаг фæллойгæн- джыты тох азнауырты, ома æлдæрт- ты ныхмæ22. Уæдæ нарты мыггæгтæй Æхсæр- тæггатæ 1261—1262 азты афтыдысты Фæскавказмæ æмæ нал разындыс- ты, фæлæ Борæтæ æмæ Алæгаты мыггæгтæ абон дæр ма сты. 4. МОНГОЙЛАГ ПЕРСОНАЛОН НÆМТТÆ НÆ ОНОМАСТИКÆЙЫ Батуйы Ордæйы монгол сæхуыдтæг уыдысты иу 20000 бæрц23, иннæтæ йын уыдысты тюркаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæ — хъипчахъ, уйгур. тæтæр, туркмен, хъыргъыз, канглы æмæ æнд. ах. «Сами монголы в XIII и первой половине XIV века посте- пенно восприняли тюркский язык»2\ Азовы денджызæй суанг Монгол- мæ дзырдтой куманы, кæнæ уйгуры æвзагыл æмæ-иу бæлццæттæ æх- хуырстой тæлмацæн, уыцы æвзаг чи зыдта, ахæмты, ома мангойлаг æвзаг Монголы йеддæмæ æндæр бæстæты ахадгæ æвзаг нæ уыди. Хантæ цалынмæ пысылмон дин райстой, уæдмæ сын уыдис сæхи на- ционалон нæмттæ æмæ нæм дзы уы- донæй иу-цалдæр æрбахаудта. Стæй пысылмон нæмттæ æвæрдтой^ Мухамед, Али æмæ æнд. Чингисхан. Всеволод Миллер 1886 азы ныффыста адæмон тау- рæгъ, Дыгуры Бадилаты фыдæл, дам, уыди Чингисхан. (Материалы по археологии Кавказа I, 1889, 78— 79 ф.). Бату-хан. Уырыссаг «Былина о 87
Василий Игнатовиче и Батыге». Уыцы ханмæ ма службæ кодта Василий йын хъалон аласта, срæлæ 1261 азы Терчы атагъæйы нойон йын æй нал радта. Аланимæ хæцы- Догуз, ис нæм мыггаг Дыгъуызтæ, дысты Мунке, Гуюк æмæ æндæртæ, уырыссагау фыссынц Догузов. фæлæ сæ нæмттæ нæ баззадысты 1360 азы «в Орде убит царь Хы- нæ ономастикæйы. дыр» (Барбаро и Контарикив в Рос- Батуйы фырт Тугъан. (СМОИЗО, сии. 1971, 37). Ис нæм лæджы ном II, 206). Ис нæм ном дæр Тугъан Хыдыр, æмæ афтæ дарддæр. æмæ мыггаг дæр Тугъантæ. Тохти-хан 1289—1303 азты БАЛХЫНЦЪЫ НЫХАС (СМОИЗО, II, 78). Ис нæм ном Тохтæ æмæ мыггаг дæр Тохтиатæ. Сыгъзæрин Ордæйы хантæ кæрæ- «Предводителем войска Беркей- дзи ныхмæ систы сæ дæлбар адæм- хана был Ногай, сын Татара» ты фæллойы тæлæттæ æмæ хъалон- (СМОИЗО, II, 92). Ис нæм ном Но- тыл, æмæ паддзахад бæстæ-дих фæ- гъай æмæ мыггаг Ногъайтæ, стæй ци: 1420—1440 азты ахицæн сты Тæтæри æмæ Тæтæратæ (Рæстдзи- Сыбыры Ордæ, Ногъайы Ордæ, Хъа- над, 1961 азы № 205 æмæ 1960 азы захы Ордæ, Хъырымы Ордæ. Сæ кæ- № 183). рæдзи цæгъдынæй, эпидеми æмæ Аргун-ханæн 1283 азы уыди ной- стонг азтæй фæкъаддæр сты тæтæр он Чупан (СМОИЗО, II, 92), ис Цæгат К>вказы. Ирон адæмы сы- нæм ном Цопан æмæ мыггаг Цопа- хæгтæ цæгатырдыгæй -баисты Кæ- натæ. сæг, Ногъай æмæ æнд. Уыцы сы- Хулагу-ханы æфсады 1256—58- хагдзинад фæзынди нарты эпосыл азты уыди нойон Туту (Татаро-ман- дæр æмæ историон таурæгътыл дæр голы в Азии и Европе. 1970, 163) æмæ сыл фæстæдæр * æрдзурдзыс- ис нæм лæджы ном Туту. тæм. ФИППАИНÆГТÆ * Кæс «Фидиуæг» 1977 азы 3 æмæ 8 номыртæ; 1978 азы 1, 4; 1979 азы 1, 8; 1980 азы 1, 6; 1981 азы 3,8; 1982 азы 4; 1983 азы 3 номыры. 1. Родословная тюрков, 1457 г. В. Г. Тизенгаузен. Сборник материалов, относящихся к истории Золотой Орды. II, 1941, 204—205 (Дарддæр цыбырæй СМОИЗО). Æртык- как хан Саинæй дзы фыссы «Рассказ о царствовании Саин-хана... Это был царь вели- кий и милосердный, знание же у Аллаха», ома уадиссаг ницы уыди зондæй æмæ нæм йæ ном дæр нæ баззади. 2. Тизенгаузен В. Г. СМОИЗО, 32. 3. Аннинский С. А. Известия венгерских миссионеров о татарах и Восточной Европе. Исторический архив, 1940, III, 73—79. 4. Тизенгаузен В. Г. СМОИЗО, 35—36. 5. Русь и Асы в Китае, на Балканском полуострове, в Румынии и в Угорщине в XIII—XIV вв. Бротшневдер и др. Живая старина, Москва, 1894, IV, вып, I, 65—77, Иванов А. И. «История монголов» об асах-аланах-Христианский Восток. 1913, вып. 3; Рихард Хенинг. Неведомые земли. Москва, 1961, III, 229—230. Цæгат Кавказы Дон æмæ Волгæйы æхсæн быдырты цæрæг алан афтыдысты Хурныгуылæн Европæ æмæ Цæгат Китаймæ æмæ Кавказы хæхтæм нал æрæфтыдысты. 6. Рашид-аддин. Сборник летописей. Москва, 1960, 39. 7. Джувени (1226—1289). История завоевателя мира. СМОИЗО, II, 1941, 23. 8. Виноградов В. Б. Некрополь столицы аланов? — Вокруг света, 1979, V, 87. 9. Джиованни дель Плано Карпини. История монголов, 1957, 64. 10. Гильом де Рубрук. Путешествие в восточные страны, 1957 ., III, 117. 11 Полное собрание русских летописей. XVIII, 1913, 75. 12. Карл Маркс. К критике политической экономии. Москва, 1950, 225. 13. Киракос Гаидзакеци. История Армении. Москва, 1976, 237. 14. Джанашвили М. Г. Известия грузинских летописей о Северном Кавказе и Рос- сии. СМОМПК, XII, 1897, 45. 15. Андроникашвили М. К. Очерки по иранско-грузинским языковым взаимоотно- шениям. Тбилиси, I, 1966, 135. Алборов Б. А. «Цирых осетинских нартских сказаний. Известия СОНИИ, XXII, вып. I, 1960 г. Бязырты А. X. Ирон мыггагон нæмтты истори- он раивд. — «Фидиуæг», 1959. IV, 90—34 16. Цулая Г. В. Грузинский «Хронограф» XIV в. о народах Кавказа «Кавказский этнографический сборник». VII, Москва, 1980, 193—208; гуырдзиаг «Картлис Цховре- ба», Тбилиси, 1959, II, 151—325; Цулая уырыссагмæ ратæлмац кодта хицæн параграф- 88
17. Уый дæр уым, § 40. 18. Уый дæр уым, § 41. 19. Уый дæр уым, § 44. 20. Бердзенишвили Н. Я., Дондуа В. Д., Думбадзе М. К., Меликишвили Г. А., Месхиа Ш. А., История Грузии. I, 1962, 251. 21. Гæдиаты Цомахъ. Ос-Бæгъатыры тыххæй. «Фидиуæг», 1929, X.., 35—45. (Иутæ афтæ æнхъæлынц, цыма фразæ «ирон багъатыр», «осетинский богатыр» гуырдзиагау фæзæгъынц «оси бахъатари» нæ, фæлæ «оси гмири», уымæн æмæ сæм бæгъатыры хонынц «гмири». 22. Мункуев Н. Ц. Замётки о древних монголах. Татаро-монголы в Азии и Евро- пе. 1970, 370. 23. Буганов В. И. Золотая Орда. Советская историческая энциклопедия. V, 1964, 701. 24. Успенский Ф. И. Морское и сухопутное движение из Центральной Азии в Ев- ропу и обратно в XIII—XIV вв. Византийский Временник, Н-27, 1949, 273. БИАЗЫРТЫ КЪАМЕРЛАН Токаты Алиханы иу тæлиац æмдзæвгæйы тыххæй Ирон-дунейон литературон бастдзинæдты фæдыл. Ирон æмæ венгриаг адæм (алан æмæ венгер) кæрæдзийыл æмбæл- дысты суанг астæуккаг æнусты, æмæ, чизоны, уымæй ноджы раздæр дæр. Уымæн æвдисæн, лингвистикон ахуырад кæй бæлвырд кæны, вен- гриаг æвзаджы, уыцы бæрæг-бæл- вырд ирон фæдтæ, венгриаг фæдтæ ирон æвзаджы, чизоны, уыйбæрц бæрæгæй нæ зынынц. Рагон заманы ир æмæ венгрийы адæмы кæрæдзи- мæ ахастытыл дзурæг сты ирон адæмон сфæлдыстады иуæй-иу бы- нæттæ дæр, зæгъæм, Абайты Вассо уымæн ирд æвдисæн уыны Нарты эпосы: «Андиаты Барисы фыст тау- рæгъты æмбæлæм, нартæн знаг чи уыд, ахæм адæмы хаттыл, «онгур», зæгъгæ, уыдон хъулмæ уыдаиккой венгер, аланимæ историон æгъда- уæй сыхагиуæг чи кодта»1. Уыцы бастдзинады таг æрхæццæ суанг XVIII æнусмæ, цалынмæ Вен- грийы зæххыл цæрæг аланы ’взагæй дзурæг адæм венгриаг этносимæ не схæццæ æмæ се ’взаг ассимиля- цигонд не ’рцыд, уæдмæ. Аланы ’взагыл дзурæг иннæ ирон адæм цардысты дард Кавказы æмæ сын уæды къуындæг коммуникацион уавæрты уыдонимæ исты бастдзи- над дарын зын уыд. Фæлæ æппæт æнудæсæм æнусы дæргъы ирон адæмон монон (духо- вон) потенциал афтæ тагъд темпы- тæй рæзыд, æмæ æнусы кæрон ирон адæм йæхицæн канд аива- дон литературæ не сарæзта æмæ нывæфтыд аивады бындуртæ нæ ’рывæрдта, фæлæ ма активонæй йæ- химæ исын райдыдта æндæр адæм- ты культурон хæрзиуджытæ дæр. Культурон размæцыды хъуыддаджы ноджы ахадгæдæр та разындысты дыууынæм æнусы фыццаг -дыууæ дæс азы: фæзынд ирон драматурги æмæ уыимæ ирон театр дæр, ирон æвзагыл райдыдта цæуын периоди- кон мыхуыр, чысылгай къахдзæфтæ кодта ирон зонадон хъуыды, йæхи национ цæсгом æвдисын райдыдта ирон нывæфтыд аивад. Ирон куль- турæйы архайджытæн æгъгъæд нал уыдысты хæстæгдæр географион регионты культурæтæ, фæлæ фæн- дæгтæ гæрдын байдыдтой Европæ- йы цæрæг адæмты культурæтæм дæр. Æндæр æвзæгтæй тæлмац кæны- ны хъуыддаг, кæй зæгъын æй хъæ- уы, æвдисы æмæ нысан кæны наци- йы монон æмæ интеллектуалон тыр- нындзинæдты рæзт. Уыцы хъуыдда- джы сæрмагонд хъусдард йæхимæ здахы Токаты Алиханы сфæлдыстад. 1 Абайты В. И. Нарты эпос. ЦИЗИИ-йы уацхъуыдтæ, Дзæуджыхъæу. 1945, т. X. 89
Хетæгкаты Къостайы фæстæ уый дæр, уыйау, йæ уды культурон æмæ монон тырнындзинæдтæ ахæццæ кодтой Уырысмæ æмæ дунемæ, йæхи хотыхджын кодта уырыссаг, фран- цаг, немыцаг, векгриаг æмæ æндæр адæмты литературон хæрзиуджыт- æй. Иуæй-иуты дзы бахуын кодта ирон поэзийæн — ныууагъта нын иттæг хорз дæнцæгтæ тæлмац аива- ды. Ам нын сæрмагондæй нæ цымы- дисдзинад йæхимæ здахы, ивгъуыд æнусы стыр венгриаг поэт Шандор Петефийæ кæй раивта, уыцы æм- дзæвгæ «Тохы зарæг», зæгъгæ, стæй æмткæй уыцы гюэты сфæлдыстадмæ йæ хъус кæй æрдардта, уый дæр. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ венгри- аг уацмыс фыццаг хатт æрцыд тæл- мац ирон æвзагмæ, дыккаджы та уымæн, æмæ уый ирон æвзагмæ тæл- мац æрцыд, мидхæст йæ тæккæ кар- зыл куы уыд, уæд—3-æм марты 1919 азы. Уый нын дзуры æмдзæвгæйы политикон здæхтыл. Æртыккаджы та уыыæн, æмæ махæн абоны онг зындгонд нæу, цавæр текстæй пай- да кодта Алихан, венгриаг поэты зынгæ æмдзæвгæ не ’взагмæ куы тæлмац кодта уæд. Махмæ æхсызгон цымыдисдзинад æвзæрыи кæны уый, æмæ венгриаг адæмы национ поэтикон гени æмæ революцион удыхъæд йæ мидæг æмбырдæй чи равдыста, уыцы поэт «Петефи»1 ирон культурæйы архай- джыты хъусдард ахсджиаг замакы йæхимæ кæй аздæхта. Æмæ уый æнæнхъæлæджы дæр нæ уыд, уымæн æмæ, «кæронмæ революцийы сæрыл нывондæн кæй æрхаста, йæ уыцы цыбыр, фæлæ тæмæнтæкалæг цард равдыста бынтон сæрмагонд ныса- ниуæг ног историон заман, — ома, адæмы раз аивад йе ’мбæстагон хæс куыд хъуамæ фида, уый. Нывгæнæг- зарæггæнæджы ахæм тип, — ноджы ма йæхæдæг комкоммæ революцион змæлды чи архайа, — æппæт дуне- йон литературæйы дæр у кадджын хъуыддаг...»2 " Комкоммæ революцион змæлды архайæг, бæрзонд идеалтæн хъуыд- Дагæй лæггадгæнæг адæмты ном- хыгъд нымайгæйæ, сæрыстырæй æнæбанысаигæнгæ нæ уыдзæн, йæхи дыууæ хъуыддагæн чи снывонд код- та — аивадæн æмæ революцийæн, уыцы ирон поэттæ æмæ фысджыты мæмттæн: Барахъты Гинойæн, Бе- джызатьг Черменæн, Хъуылаты Си- къойæн æмæ, уæлдайдæр та, Тока- ты Алиханæн, Петефи æмæ Христо Ботевы кары уый дæр фæмард ре- волюцийы арты. Нæй, ницы бындур ис ахæм хъуы- дыйæн, зæгъгæ, Алихан иуцъус уæд- дæр зонгæ уыдаид венгриаг æвза- джимæ, уымæн практикон æгъдау- æй мур фадат дæр нæ уыд. Иуæй — дыууæ адæмы регионалон равæрд, иннæмæй та уый, æмæ венгриаг æвзаг уæд, Уæрæсейы империйы ахуыргæнæцдæтты кæй амыдтой, уыцы æвзæгты хыгъдмæ нæ хауд, Нæ йæ амыдтой уæдæ, Алихан кæм ахуыр кодта, Бакуйы, уыцы денджы- зон наускъæрæн ахуыргæнæндоны дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ ахъуыды гæнæн ис, зæгъгæ, чизоны, сæмбæлдаид, империалистон хæсты заман йæ хъысмæт Кавказмæ кæй æрбаппæрста, ахæм венгриагыл æмæ йын уый сарæзтаид «Тохы зарæджы» дæлрæнхъон, фæлæ ахæм хатдзæг цæмæ гæсгæ сарæзтæ- уа, уыцы æвдисæндар нæй Алиханы биографийы. Уæдæ йæ цы ’взагæй раивтаид? Токаты Алиханы чиныгаразæг Хъо- дзаты Æхсар фыссы йæ комментари- ты: «Номдзыд венгриаг поэт Шандор Петефийы (1823—1849) æмдзæвгæи- мæ Алихан æвæццæгæн, базонгæ уы- рыссаг æвзагыл, тæлмац дæр æй уырдыгæй ракодтаид»3. (бадæлхахх æй кодтон æз, — Б. Къ.). Æхсар бæлвырд, дызæрдыг кæны йæ верси- йыл («æвæццæгæн», «тæлмац дæр æй уырдыгæй ракодтаид»), фæлæ æндæр хуыздæр ницы зæгъы. Ногæй æвзæры фарст- æмæ æндæр хуыз- дæр цы загъдæуа? Æркæсæм уырыссаг æвзагыл Петефийы уацмысты революцийы агъоммæ рауагъдтæм. Петефийæн куыд йæхи, афтæ венгриаг лирикæ- йы иумæйаг рауагъдтæй дæр баны- 1 Петефи дунейон культурæйы. Мæскуы, «Наука», 1977, ф. 5. 2 Д. Ф. Марков. Ныхас поэтыл (æмбырдгонд Петефн дунейон культурæйы, ф 8). 3 Токаты Алихан. Уацмыстæ. «Ир», 1973, ф. 300. 90
сангонд уацмыс иуы дæр нæи, уы- мæн уыдис йæхи аххосæгтæ, сæй- рагдæр уыдаид, æвæццæгæн, йæ революцион цыргъдзинад. Æгæрстæмæй, 1925 азы чи рацыд, «Равзаргæ æмдзæвгæтæ», зæгъгæ, уыцы фыццаг советон рауагъды дæр 37 æмдзæвгæйы ’хсæн не ’мбæ-' лæм «Тохы зарæгыл». Æниу чины- джы разныхасы автор А. В. Луна- чарский, æнхъæлдæн, кæны йæ крй, поэты сфæлдыстадыл . дзургæйæ: «Уый ныффыста, Венгрийы иу кæ- ронæй иннæ кæронмæ кæй зæлтæ хъуысынц, уыцы национ гимн, вен- гриаг марсельезæ»1. Уыцы æмдзæв- гæйы афтæ дæр хуыдтой «Венгри- аг марсельезæ», зæгъгæ. Кæй загътам, уымæй ис ахæм хатдзæг саразæн, æмæ Алихан уы- цы æмдзæвгæ нæ раивта уырыссаг æвзагæй, уымæн æмæ уырыссаг æвзагмæ дæр уæд ивд нæма уыд. Æмæ кæд, миййаг, уыд, уаеддæр фи- дарæй зæгъæн ис, мыхуыр нæ уыди зæгъгæ. Уæдæ йæ уæддæр кæцæй раив- таид Алихан ирон æвзагмæ? Токаты Алиханы сфæлдыстадæн йæхи иумæйаг характеристикæ æмæ йæ тæлмац кæныны интерестæ дæр немыцаг æвзаджы ’рдæм здæхт кæй уыдысты (цы ’хсæз æмдзæвгæйы раивта ирон æвзагмæ, уыдонæй æр- тæ сты немыцаг поэзийæ, дыууæ — уырыссаг æмæ иу та венгриаг поэ- зийæ), уымæ гæсгæ зæгъæн ис, зæгъгæ, уырыссаг тæлмацгæнджы- тау, Алихан дæр Петефийы æм- дзæвгæ «Тохы зарæг» ратæлмац кæнынæн пайда кодта немыцаг текстæй. Афтæ, æмæ Алихан зыдта немы- цаг æвзаг æмæ дзы пайда кодта иæ тæлмацкæныны куысты. Уымæн нын æвдисæн — Г. Гейне æмæ’ Л. Улан- дæй ратæлмацгонд æмдзæвгæтæ дæр. Æвæццæгæн, денджызон нау- скъæрæн ахуыргæнæндоны ахуыры программæмæ, куыд иу фæсарæй- наг æвзаг æнæмæнг зонын, афтæ хаст уыдаид немыцаг æвзаг. Йæ бон уыдис, æмæ йын немыцаг æвза- гыл дзурæг искæимæ контакт уы- даид г. Ригæйы цæргæйæ дæр, 1917 азы. Ирон æвзагмæ ивд «Тохы зарæ- джы» текст йæ венгриаг оригинал- мæ дард лæууы (фæлæ, чизоны, кæ- цæй йæ раивта, уыцы немыцаг текстмæ хæстæг у? Раст уыд Хъо- дзаты Æхсар, афтæ куы фыста, зæгъгæ, «Æмдзæвгæ у бархи тæл- м.ац, суанг афтæ зæгъæн дæр ис, Петефийы мотивыл фыст у, зæгъ- гæ»2. Ноджы йын тæлмацы автор схай кодта цахæмдæр символикон ахаст, уый уæлдай тынгдæр фæзынд йæ кæройнаг строфæйыл: Тыхджын у знаг. Нæ уыдзæн уый, Нæ фæуыдзæн тыхджындæр: Æз рухс хæссын, фыдталынг — уый, Нæ уадздзæн фæд æппындæр.3 Æвæццæгæн, Алихан уацмыс ком- коммæ раивыны хæс йæ разы дæр не ’вæрдта, уымæн æмæ уый уæд æнæмæнгхъæуæгыл нымад нæ цыд, ирон поэзи йæ рæзты хъуыддаджы цы этапыл лæууыд, уымæ гæсгæ Гейнейæ кæй раивта, уый дæр нæ ноджы тынгдæр æууæндын кæны уы- цы хъуыдыйыл. Поэтикон уацмыс иу æвзагæй иннæ æвзагмæ ивын æмæ афтæмæй йæ аивадон хæрз- иуджытæй хи хъæздыг кæнынæй дарддæр ч ма, æвæццæгæн, тæл- мацгæнæг хъуыды кодта уый «сирон» кæныныл дæр, цæмæй ирон чиныгкæсæджы зæрдæмæ ссардтаид хæстæгдæр фæндаг, цæ- мæй культурон æгъдауæй бæрзонд- дæр къæпхæныл чи лæууыд æмæ æнгом бастдзинад кæимæ нæ уыд, уыцы адæмы цардуæвынады реали- тæ æмæ хъуыдыкæнынады категори- тæ хуыздæр æмбæрстгонд уыдаик- кой ирон чиныгкæсæгæн. Кæй зæгъæн æй хъæуы, Токаты Алиханы сфæлдыстадыл Петефи- йы хæрзаудæнгæнæг хъомыс нæ фæ- уд кæны иунæг «Тохы зарæг»-æй, уæрæхдæр у. Поэтикон æмæ идейон гæрз ифтонпдзинады хъуыддаджы Токаты Алиханы хъысмæтыл бæрæг- бæрцæй ис Петефийы æндæвдад, бамбардзæн æй, чидæриддæр ацы дыууæ поэты сфæлдыстадмæ лæм- бынæг æркæса, уый. Токаты Али- ханы сфæлдыстады зыны Петефийы рсзолюиион пафос, йе ’фхæрд æмæ ссæст фыдыбæстæм ын цы арф уар- зондзинад уыд, уый. Уыйау Алихан дæр нæ барста фыддзинад æмæ со- 1 Шандор Петефи. Равзаргæ æмдзæвгæтæ. Мæскуы-Ленинград, 1925, ф. 15. 2 Токаты Алихан. Уацмыстæ, ф. 300. 3 Уый дæр-уым, ф. 272. 91
циалон æнæрæстдзинад, поэтикон маст æмæ йын арф æрхæндæгдзина- ды хос уыд йæ нацийы фыдæнцой æмæ ■ куындæг цард. Иæ адæмы ахæм уарзтæй чи уарзы, уыдонæн азтæ æмæ тыгъдæдты сæрты кæрæ- дзимæ фехъусынц сæ хъæлæстæ, æмхуызон фæзæлынц. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, цæуы цардуа- вæрты æмхуызондзинадæй. Æмхуы- зон уыдысты Петефи æмæ Токаты Алиханы революцион тохы уавæр- тæ дæр. «Тохы зарæг» ирон æвзаг- мæ 1919 азы кæй ратæлмац кодта Алихан, уый æнæнхъæлæджы нæ уыд: «Тæлмац æрцыд 1919 азы марты æртыккаг бон, мидхæсты арт йæ тæккæ цырынæй куы сыгъ- ди, поэт ног цардыл тохгæнджыты раззаг рæнхъыты куы цыди, уыцы рæстæджы. Æвæццæгæн, йæ зæр- дæмæ æввахс уыди Петефийы æм- дзæвгæйы революцион пафос»1. Чиныг «Петефи æмæ дунейон ли- тературæ», зæгъгæ, 10. П. Гусев уым йæ уац «Петефийы поэзи æмæ революцийы» фыссы: «Мах хъуы- дымæ гæсгæ, Петефийы «монон æф- 1аымæрты» фыццаджы-фыццагдæр агурын хъæуы социалон-историон фадæттæ, сæрибаргæнæн змæлды хæстæ æмæ нысæнттæн Венгриимæ æнгæсдзцнад цы бæстæты ис, уым. Уыцы хъуыдыйæ Петефимæ иууыл хæстæгдæр лæууынц, кæрæдзимæ дардуæвæг поэттæ, — болгайраг Христо Ботев (1849—1876) æмæ кубæйаг Хосе Марти (1853—1895) »2 Мах ма йæм нæхицæй бафтауинаг стæм: 1917 азы Октябры революци- йы йæ социалон-историон хæстæ æмæ нысæнттæ чи скъуыддзаг кодта, уыцы адæмтæ дæр бирæ цæмæйдæрты уыдысты 1848—1849 азты Венгрийы адæмы хуызæн, Петефийы «монон æфсымæрты» агурын хъæуы уыдонимæ дæр. Ном- хуындæй уыцы уавæртæм гæсгæ аздæхта Токаты Алихан дæр йе ’ргом стыр венгриаг поэты сфæл- дыстадмæ. Уым уый агуырдта, йæ революцион идеятæ равдисынæн 1 Уый дæр уым, ф. 301, 2 Петефи дунейон культурæйы, ф. 110. 3 Мадьяйраг поэттæ. Н. Новичы редакци 4 Хæссæм æй чиныгæй «Токаты Алиханы кæуыл фенцой уыдаид, ахæм адæй- маджы. Уыимæ иумæ ирон поэти- кон хæзнатæ хаста ног, æппæтадæ- мон, европæйаг поэтикон хæзнаты рæнхъмæ. Алихан Петефимæ йе ’ргом кæй аздæхта, уымæн фылдæр фадат та уый лæвæрдта æмæ революци æмæ мидхæсты заманы Алихан цы прак- тикон-революцион позицитæ ахста Ирыстоны, уыдон бирæ бæрцæй фæлхатт кодтой Венгрийы уæды уа- вæрты Петефийы позицитæ. Петефи æмæ Алиханы цард^ фæндæгтæ дæр фескъуыдысты уы- цы иу арæныл: венгриаг поэтыл æххæст кодта дыууын æвдæм аз, ирон поэтæн та уæд, æвæццæгæн, йæ дыууын авд азы йæхи фесты. Петефийы ма «фæстаг хатт... фед- той Шегешвары (Шесбургы) цур тугкалæн тохы, цыран мард фæци уырыссаг хъазахъхъаджы кардæй æмæ, æнхъæл куыд сты, афтæмæй ныгæд æрцыд ’æфсымæрон ингæны. Иæ буар ын не ссардтой æмæ ма- дьярты ’хсæн бирæ рæстæджы дæр- гъы цыд ахæм хъуыды, цыма уый йæхи аууон кæны кæмдæр Венгри- йы, науæд та хаст æрцыд Сыбыр- мæ»3. Токаты Алиханы цард дæр ас- къуыд æвирхъау уавæрты. Уыцы зиан уыд тынг уæззау æппæт ирон адæмæн. Уымæн æвдисæн у, Иры хуыздæртæ йыл куыд фæрыстысты æмæ йын цы нысаниуæг радтой, уый. Газет «Кермен»-ы 1920 азы 24 июлы Бутаты Хъазыбег фыста: «Рухсаг у, Алихан! Де ’мгæрттæй дæ фæстæ чи баззад, уыдон дын дæ рухсаг уымæй зæгъынц, æмæ дæ ингæны уæлхъус ард хæрынц, дæ- уау хъазуат^ей, æнæфæллайгæйæ кæй сæххæст кæндзысты дæ хъуыд- даг, дæуæн чи баззад кæнинаг, уы- дон кæронмæ кæй ахæццæ кæндзы- |сты, цæмæй мæгуыр адæм сæ рухс (царды бонты зæгъой дæ ингæны был сæ ног зæрдæтæй: «Рухсаг у, не ’фсымар Алихан. Дæ фарн дæм дзуры»4. ;, С.-Петербург, 1897, ф. 119—120. цмыстæ», ф. 62. 92
БАХЪАТЫ НУГЗАР Цалдæр дзырды Хъодалаты Герсаны чиныг «Лæгдзырагъ»-ы тыххæй Фæстаг азты иуæй-иу рецензиты, крити- кон уацты бынтондæр нал . фæзыны адæн- къарынад. нæ фысджыты фылдæр хайæн сæ чингуытæ, кæнæ хицæн уацмыстæ ге- нион сты æмæ сæм лаз æрхæссæн нæй, зæгъгæ. Хатт та афтæ рауайы, æмæ иуæй- иу уацты, ирд арвы риуыл иунæг сау ми- гъы къуымбил бæрæгæй куыд аззайы, аф- тæ бæрæгæй фæзыны фыдæхы цæстæнгас ^мæ йын æмбæхсæн нал вæййы, ома бар- æбæнары дæр агурæм искæцы фыссæгмæ æрмæстдæр хъæндзинад, æрмæстдæр исты аиппытæ, уымæн æмæ нæ зæрдæ домы уы- мæй æвзæр зæгъын. Ам бынтондæр ферох вæййы объективондзинад, ферох вæййы аив. адон уацмысæн раст аргъскæныны прин- цип, æмæ уый та у æртæрхон кæныны ак- каг, рæгъмæ рахæссинаг. Ацы аипп бæрæ- гæй фæзыны поэзийæн аргъ кæныны рæс- тæджы. Поэзиуарзджытæй ирон æмдзæвгæ- йы арæзтмæ лæмбын?г йæ хъус чи дары, уыдон дæр афтæ сдыгъуырццæг вæййынц, æмæ дызæрдыггаг æсвæййы традицион по- эзийы рæстдзинад. Ирон традицион поэзи фидауы йæ музы- калондзинадæй. Уый уæвынад кæны æнус- ты дæргъы. Мæ разы ис поэт Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæты æмбырдгонд «Лæгдзырагъ» (1977 аз, рауагъдад «Ирыстон>). Æвæрдæ- уы фарст, цы ис ацы æмбырдгонды раппæ- линаг? Чиныг фыст у традицион-интонациоч æмдзæвгæйы фалгæтты. Уыцы формæйæ афтæ æнгом æрбалæууынц объекты алы- варс фæзындтытæ, афтæ æлхъывд вæййынц кæрæдзимæ æмæ сын фæхицæнгæнæн нал вæййы. Хатт афтæ фæзыны, цымæ зонгæ мело- дпимæ иугъуызон свæййы йæ иктонаци, фæлæ уæддæр традицион стихарæзты ор- наментыл бæрæг нысанæи зыны авторы хъæлæс Зæгъæм* Абадт мыдыбындз дидиныл, Уый мæ удимæ сиу. Мах фæхæст стæм иу диныл, — Уыйау бауарзтон зиу. («Мæ фæнлаггаг») Ам поэт афтæ хъавгæ æвналы æмдзæв- гæйы удуырнынгæнæн фæрæзтæм, æмæ йæ къухы æфты, йæ размæ цы хæс æрæвæрд- та, уый бындуронæй аскъуыддзаг кæнын. Автор тыхджындæр æууæнды традицион стихарæзты формæйыл æмæ уый та фыс- сæджы сфæлдыстадон æнтыстыл дзурæг у. Традицион стихарæзты фалгæттæй Гер- сан кæсагау, сыстъæлфынмæ нæ хъавы æмæ йæ ныхмæ полемикæйыл не слæууы. фæлæ уьшы иурæстæджы агуры ног, аив фæрæзтæ. Зæгъæм мæнæ ацы æмдзæвгæ «Сатæг сау пианино» Сатæг сау пианино Гуырзидыц чызг Дæргъæццон кришкæйыл Аив ысхæцыд. Урс-урскд клазнштæ Цæхæртæ акалдтой. Раст цыма Поль Робсон Зарыны размæ Æнæсымæй бахудт. (29 ф) Ацы ныв фыссæг банкъардта йæхи цæс- тæй. Кæд традицион мелодийæ иртæсы, уæддæр автор чъызгæ æвналы агурыны ног фæрæзмæ, чъызгæ-чъызгæ спайда кодта уыцы фæрæзæй. Бæрæгæй зыны объекты активизацийы момент. Поэтикон удыхъæд æвæрд ис бæрæг-бæлвырд æмвæзадыл. Мæ хъуыдыйæ, Хъодалайы фырты харак. терон миниуджытæй иу у дзырдтæй фор- мæтæ аразын нæ, фæлæ идеал сорганизаци кæнын. Уыцы хъуыддаг æнæмæнг афтæ кæй у, уый бафидар кæнынæн фагыл ны. майын æмдзæвгæ «Сабыр». Сабыр:.. Æхсæв сау буар у, фæлæ йæ риуы Урс-урсид бæллицтæ дидин æфтауынц... Сабыр... Мад тæгæл фынæй аци Авдæны хъæдыл... Æрзæбул йæ дзыкку... Сабийы нарст цæсгом, хуры гуыдынау, худы Сабыр... Цъырцъыраг. де скрипкæ бафснай Райхъал уыдзæнис къуырттон ныаъуыли... (77. ф.) . Авторы зæрдæйы мидхъуырдухæн, зæр. дæйы æнкъарæнтæ чиныгкæсæджы размæ хæссы нымдгæнгæ, Герсан нæ хъавы эмо. цитьт я^виппайды иллюстраци кæнынмæ, фæ. лæ ар.тхсч, ныртæккæ дугæн характерон чи у, ахæм хиуыл хæцгæ фæрæзтæ дзурын. мæ; 93
... Сабыр, цы хойыс куырдадзы дзжбугау, Атомон бомбззтæ райхъал уыдзысты!.. Сабыр!.. Аивады ацы хиуылхæцгæ архайд, мæ хъуыдыйæ, фыссæджы æвæрццаг миниуæг у. Ацы æмдзæвгæ, ныртæккæ верлибр кæй хонынц, уый интонацийыл арæзт у, фæлæ субъект ам йæхи инертуалон мидсагъæсы нæй. Автор æнцад æмæ æнæхъыгдард ду. нейы удæнцойдзинад бахъахъхъæнын хæс- сы раззаг планмæ. Æмæ уый та у сабырады сæрыл тохы Коммунистон партийы полити. пæ. Хъодалайы фырт æцæгæй кæм æвзары адæнкъарæнтæ, уым кæ цыбæл кæны æнæ. хъуаджы ахорæнтæм Автор нæ лидзы предметты детализаци кæныны фæндагыл. Йæ бон у конкретэн предметты натуралон хуыз равдисын. Герсаны æмдзæвгæты чи. ныгкæсæг нæ кæны фыдæнхъæл, алхатт дæр дзы ары удæхцондзинад. Хъуыды ба_ фидар кæныны тыххæй фаг у æрхæссæм æмдзæвгæ «Ныддæлгом та дæн фынгыл пог» Ныддæлгом та дæн фынгыл ног мæ гуырæй Хуымгæнды хуызæн гæххæттыл нкдзæзгæ... Раст авдæнмæ дæр афтæ мад, мæг^ырæг, Фæдары дзндзи сабийæн æдзæмæй... Куыд æнæфсис дæ ме суинаг æмдзæвгæ, К\æ рохст зæрдæ фæирвæзы дæ хъуыры... Нæ зонын, кæмæ куыд фæкæсдзæн, фæлæ ацы æмдзæвгæйы зыны æргом лири- гон архайæджы ахаст куыстмæ. Фыссæг фæзындтыты уынын кæны ргалон хуызы. Чиныг «Лæгдзъфагъы» лирикон хъай- тары раз сног вæййынц æззонджы бонтæ, гэвзонджы фынтæ. Æмдзæвгæ «Сырхфис- тон хырынкъа»-йы æвдыст цæуынц рагбо- пы цин æмæ катæйттæ. Æмдзæвгæты: «Æз бадын рæстæджы хъулон поезды». «Райсом Переделкинойы», «Рафаэль Альберти æмæ рæстдзинад», «Хур æмæ рæстдзинад», «Кæсæд дæм аф- тæ цыма зæххыл», «Уынджы фæцæуын ыæ рнуы æмбæрц» поэт идсализаци кæны æм- бæстагон темæ. Æмдзæвгæ «Æхсæв сахары» автор ра- размæ кодта цивплизацийы вазыгджын проблемæ. Ис дзы фæзындтыты аив афыст. Урсзæнг телзæнджытæ Æз — фæраздæронæй Цырагъ — дидинæг ракалдтой Кæнæ мæнæ афтæ: Æмбаргæ сфетафортæ Шофертæм, къæйных чызджытау, Дзагъыр цæстытæ ныкъкъулыиц. Чиныг «Лæгдзырагъы» уарзондзинад, Ргйгуырæн бæстæ æмæ куыст сты сæйраг идеалтæ. Чиныджы æдæппæт ис — 87 æмдзæв- гæйы. Ацы æмдзæвгæтæй сæ иуæй-иуты хатт сæмбæлæм ритмйкон къуыхцыдзи- нæдтыл дæр. Зæгъæм: Уæлæ хæхты зæйдзæуæнтыл Ис мæ над фæндаг дæр. Урс цæхæргъуыз æхсæрдзæнтæм Худгæ дардтон мæ сæр. Ам дыккаг рæнхъ æмдзæвгæйы иумæ- йаг ритмикон принципæй у иртæст. Дзырд «дæр» тыхбакæнгæ у. Тыхæвæргæ у ацы дзырдыл цавд. Æмбæлæм ма дзырд «Хъуа»-йыл дæр. Уый ницы дзырд у æмæ дзы пайда кæнын нæ хъæуы. Чиныджы аивадон фæрæзтыл æрдзу- рын æз нæ бафæлвæрдтон, фæлæ, æмткæй сисгæйæ, Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæ- ты æмбырдгонд «Лæгдзырагъ» у раппæ- линаг.
ПИРАНТЫ МИГКА ПАРОДИТÆ АЦАФОН УАСÆГ ЦÆМÆН УАСЫ? Дысон æмбисæхсæв райхъал дæн, Хуыссæг кæдæмдæр фæлыгъди. Дардыл хъуыдыты фæфардæг дæн... ... Ацафон уасæг цæмæн уасы?.. ...Ацы цау дысон мæн бафтыдта Сагъæсты... Къусраты Егнат, «Талынг æхсæв» Дысон ныууасыд кæркуасæнты Бæдулты ’хсæнæй нæ уаеæг. Бахаудтæн хъуыдыты, сагъæстæй Рафтыдтæн... Айсæфт мæ хуыссæг... Ацафон уасæг цæмæн уасы? Ацы фарст сæры ныхъхъандзал Æмæ мæ сулæфын нал уадзы...' ’Рхæццæ, æвæццæгæн, м’адзал. Алгъуызон фарстытæ бирæ ис Дунейыл, нæй сын фæуæн дæр, Фæлæ дзы ме ’мгæрон не ’рцыдис Уыдонæй, марадз, зæгъ, иу дæр. Ацафон уасæг цæмæн уасы? Хъуамæ-иу уаснд уый бонæй... Иудзырдæй, ме ’хсæв фыдбонæй Арвыстон. Райсом ма иу-чысыл 'Рцъынд кодтон ’нæбары, ’фсонæн. Фæлæ та ’внппайды фехъал дæн: Уыцы дзæгъæйладжы уасæг Кæрты ныццагъта йæ базыртæ, Ног та æрбайхъуыст йæ уасын!.. УРОК Ирон фынгæн ис уаг, æгъдау, Цынæ вæййы лæгæн йае разы, Фæлæ йаем ма лæбур сырдау. Бæрцæй фылдæр нæ хъæуы нуазын — Дæ мондæгтыл-иу фидар хæц. Фынгыл нæ баззайдзынæ хъаджджын. Токаты Ашæх, «Ирон фынгæн...» Æрбайхъус мæм, — æз зонын уаг: Ирон фынг даргъ вæййы, бæркадджын, Æппæт дæр ыл ныккалынц фаг, Æмæ нæ баззайдзынæ хъаджджын, Фæлæ-иу ма лæбур. Сындæг Уал архай. Стæй фырнозт ’мæ тай-тай Куы сытынг уой, уæд-иу куынæг Кæнын дæ рæзтæ райдай. Æрмæст дзидза хæрзæууылд кæн: Æз фенаг дæн æмæ йæ зонын... Фынгыл куыд зын вæййы лæгæн Æнæууылдæй æрдæгфых хæйттæ омын. 95
Дæ бынат зон æмæ цъындæй Уæлæмæ, хистæрты ’рдæм, ма лæс.., Цъæм-цъæм-иу ма кæн, стæй зыдæй Æууилгæ искæй къустæм ма кæс. Дз-æбæх куы сæфтиндзай, уæддæр Лæхъир былтæд ды пъатæ ма сис Дæсыхæгтæн. Фæлтау хуыздæр УыДзæн, дæ бынатæй куы растис. Цæй, уæт уал иу урок æгъгъæд! Ныр цу: фæцæуынц фынгтæм адæм. Куы бафсæдай, фæзын та уæд Мæнмæ, дæ ахуыргæнæгмæ, ардæм. — Ацы хатт куыд æнкъардæй здæ- хыс уæ хæдзармæ? — афарста Бесо магазингæсы. — Кæй ныфсæй куыстон, уыцы хистæры йæ бынатæй систой æмæ уымæн... —Уарæджы кæдæм рараст дæ, Годзыр? — Хистæрмæ’ хъæст кæнынмæ. — Æмæ цæуыл хъаст кæныс? — Нозтджынæй мæ мæ куыстæй систой æмæ ууыл. — Æмæ ныр дæр дæ къæхтыл ты- хæй куы лæууыс фыррасыгæй, уæд ма исчи афтæ кæны? — Æмæ йæ хистæр йæхæдæг нæ бамбардзæнис, абон мæ мæстæй кæй банызтон, уый? — Лæппу, дæ институт каст фæ- дæ? — афарста Сикъо йæ фырты «æмбæлттæй» сæ иуы. — Фæдæн, (Ьæдæн, æртæ азы раз- мæ. — Æмæ уæдæ цæуылнæ искуы ку- сыс? — Ус уал хъуамæ ракурон. — Æмæ уæ уæд цæрын нæ хъæуы? — Мæ фыд удæгас уа, уый йед- дæмæ!.. — Дæ уроктæм æркæс, физикæйæ дын æвзæр бæрæггæнæн куы исЧ— загъта мад йæ лæппуйæн. — Ма тæрс, гыцци, баба та мын æй сраст кæнын кæндзæн. ГУЫБАТЫ ФЕДЫР «зк^^зÆз&г^