Текст
                    дуг
Сæйраг редаитор
ХЪОДЗЛТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЫ Гæстæн
ГУСАЛТЫ Барис, бæрнон
секретарь
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
11-12,93
ТÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
НАША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. рсдактор Кодзырты Жаннæ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


НОМЫРЫ ИС: НÆ ЮБИЛЯРТÆ X ъ а й т ы х ъ т ы А з æ м æ т. Ход. Таурæгъ æмæ цард . . 3 Хаджеты Таймураз. Фæззæджы бонтæ. Æмдзæвгæтæ . 92 X ъ а з и т ы М е л и т о н. Дыууæ радзырды 99 Хъодзаты Æ х с а р. Æвыд-дывыдоны дуг. Æмдзæвгæтæ . 120 Т о м а й т ы М и с у р х а н. Æртæ радзырды 134 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Дзагурты Губади. Ирон историон-филологон æхсæнады тыххæй 144 ПУБЛИЦИСТИКÆ Нанфонты Ф а т и м æ. Туаллаг Никъала 150 Течиаты А л е т æ. Аив литературæйы ахадындзинад хистæр- къласонтимæ кусгæйæ 154 Д з г о й т ы 3 о й æ. Ахуыргæнинæгты организациты нысаниуæг куыстадон хъомылады .156 Секъинати Солтан. Хъæлдзæг радзырдтæ . . .157 «Мах дуг» 1993 азы ныммыхуыр кодта: 159 Учредители: СП РСО, СОИГИ и коллектив редакции Сдано в набор 13.10.93. П(ушисано в печать 23.12.93. Формат бумаги бОхЭО’/ю Бум. тип. № 3. Гарн. шрифта литературная. Печать высокан. Усл. п. л. 7,85. Учегно-изд. листов 8,44. Тираж 5000 экз. Заказ № 291. Цепа 2 р. Адрес редакции: 362010, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-6(3: 3-69-62: 3-31-24. Газетно-журнальная Тцпография Госкомитета РСО по делам издательств, полнграфии и книжной торговлч. 362015, г. Владикав- каз, пр. Коста, 11. © Мах дуг № 11 — 12, 1993.
—$гь~р&ф§$$фффг— НÆ ЮБИЛЯРТÆ ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ X 0 Д (Таурæгъ æмæ цард) РАЗНЫХАС Ацы рагон таурæгъ нæхи Батырбеджы уæрдоны рагъ- бо.сау æддæгуæлæ рагæй нал хæцы. Архивты дзы цыдæр муртæ æрæмбырд кодтон æмæ, хистæр фæлтæртæй цы фехъуыстон, уыдон кæрæдзиуыл бампъызтон, афтæмæй сæ хæссын Ходы1 Стыр Ныхасмæ. Уадз æмæ дзы кæстæр фæлтæр уæныстæгмæ кæсæгау феной сæ фыдæлты фæд æмæ хъысмæт. Иуæй-иу таурæгъгæнджытæ Хъайтыхъы хуыдтой кæсгоп æл- дар, цæмæндæр сæм афтæ кадджындæр касти. Фæлæ нæ мыг- гаджы куырыхондæр хистæртæ æмæ ироп таурæгъты дæсны Едзиты Угъалыхъ та Хъайтыхъы нымадтой алайнаг æлдарыл. Æмæ афтæ растдæр у. Уымæн æмæ нæ фыдæлтæ Хъумы бы- дыртæй хæхтæм куы лыгъдысты, уæд ма, бæх кæм стулы, уым æрду куы аззайы, искæмæйты дзы æпæ баззайгæ нæ уыдаид. Уæдæ кæддæр Хъайтыхътæ ’мæ Дзугкойты мыггæгты номæй паддзахадои къамисмæ цы курдиæттæ балæвæрдæуыд, уыдоны та дыууæтæ дæр æрымысыдысты, фыны дæр кæй пæ фехъуыс- тæуыд, ахæм таурæгъ æмæ фыстой: Ос-Бæгъатырæй дам рав- зæрд Сндæмои, Сидæмонæй — Тæрæмон, Тæрæмонæй та дам — Хъайтыхъ. Иннæты курднаты дæр афтæ, Тæрæмонæп дам уыд иуиæг фырт Дзугкой. Цымæ цæмæн æрымысыдаиккой ахæм гæды ныхæстæ? Бæлвырдæй, 1859 азы Уæрæсейæ Ирыстонмæ ссыди сæрма- гонд къамис, уымæн йæ хæс уыди паддзахыл æнувыддæр ирон 1 Ход —Хуыцауы улæфæн бынат. 3
уæздан мыггæгты сбæлвырд кæнын æмæ сын лæвæрдтой «ка- ды» гæххæттытæ. Уый фехъусгæпæ куынпæ сцыбæл уыда-ик- кой Хъайтыхътæй, Дзугкойтæй чидæртæ/Чи зоны, цас бафыс- таиккой писырæи æхца, фæлæ сæ курдиæттæй кæй ницы рауад, уый архивы бæрæг у. Уæдæ чи уыдаид Тæрæмоп та? Мæрдты сызгъæрин талатæ суадзæд Едзиты Угъалыхъ, уый хæдзароп архивы разынд, 150 азы кæуыл цæуы, ахæм Едзиты мыггаджы равзæрды тыххæй гæххæттытæ æмæ «бæлас» (родо- словное древо). Уыцы гæххæттытæм гæсгæ Тæрæмон йæ дуджы царди Куырттаты комы Лæцы хъæуы. Йæ фыд чи уыди, уый бæлвырд нæу. Уыдис ын цыппар фырты: Хабæ, Едзи, Едзо æмае Дул’а. Хабæйы къухæй дам Хадыхъаты лæппу куы фæмард, уæд сын Лæцы цæрæн нал уыд. Хабæ æмæ Едзо Дæргъæвсы коммæ алыгъдысты, Едзи та Уæлладжыры коммæ. Дула æна- хъомæй йæ папаимæ сæ фыды уæзæгыл баззад. Дулаты хис- тæртæ куыд дзурынц, афтæмæй дам ма Тæрæмоны ингæн Лæ- цы уæлмæрды æртиссæдз азы размæ дæр бæрæг уыд. Ходы авд мыггагæй алкæуыл дæр ис бæзджын чингуытæ ныффыссæн æмæ, чи зопы, уый кæстæртæй искæй къухы бафта. Ацы «Таурæгъ æмæ цард» та у æрмæст фурды тъепа, фæлæ дам æппынпæйæ — чызг хуыздæр, æмæ уæдæ Ходы Уастырджи — йе ’мбал. ТУДЖЫ ЗÆЙ Алайпаг æлдарæн Пахсæпы баззад æртæ æиахъом фырты. Кæддæр дам сæ ис, сæ боныл, сæ саумæр зæххытыл хуры цæст дæр не ’ххæссыд, фæлæ сын сæ пыййарджыты мæлæты фæстæ Стыр Кæсæджы Науырыз-æлдар сæ зæххытыл фæхæло.ф кодта æмæ сыи сæ дзаджджындæртæ йæхирдыгæй фæкодта. Æртыи- дæсаздзыд Хъанцел дæндагæй йæ бипаг был бæргæ æхсыдта, фæлæ, ахстонæй чи пæма ратахт, уыцы цæргæсы лæппыиæп бæрзæндты тæхын йæ бон нæма уыд. Æртæ æфсымæры рæзыдысты æртæ тала бæласау, æмæ сæ сæ кусджыты зæрдæтæ дæр рухс кодтой. Хъапцел йæ нудæ- сæм азы куы бацыд, уæд йæ роп æрбалвæста æмæ Науыр.ыз- æлдарæй йæ фыды зæххытæ байсынвæнд скодта. — Нудæс, мæ хур, судзаг у. Нырма æвæлтæрд дæ, æмæ уал багæдзæ кæи. Бирæгъ йæ комдзаг, æлла-биллатæй никæмæц ратдз^ен, куы дыл фæхæца, уымæй тæссаг у,— амыдта Хъанце- лæи йæ фæсдзæуинты хистæр Ботас, фæлæ æвзоиг æлдар йæхи фæндыл ацыд æмæ фæсмонгонд фæци, .4
Хин æмæ кæлæпджын Науырыз-^елдар æрыгоп лæппуйы раз рувасау йе рагъы нуæрттыл атылди, æз ма дып мæхи, зæххы: тæй дæр ратдзынæн, зæгъгæ. Быдырмæ йæ асайдта ’мæ йыи уым æууæнкæп, фистоны он’г кард йæ фæсонты пыссагъта. Фæс- дзæуинтæ ма - йæ удæгасæй йæ къопайыл сæмбæлыи кодтой. Хуыссæиуаты куы ’рчъицыдта, уæд йе ’фсымæртæм фæдзырдта æмæ сын бафæдзæхста:. — Æз мæлып, фæлæ цæмæй нæ фыды уидаг ^ла аскъуына, уый тыххæй уын фæдзæхсын: Дыгургомы, Мæхческ, зæгъгæ, ис хъæу. Уыцдо хдзххон хъæуы цæры пæ фыды æрдхорд Дыгур- Хъабан. Фæцæут æм .æмæ уæ бавæрдзæп, науæд уæ уыцы бп- р^егъ кум бах.æра, уæд мæрдтыбæсты дыккаг хатт амæлдзы- иæн...- Хъайтыхъы тæнæг рустыл йæ вдзссыгтæ суадæттау уадысты. Йæ хæкъуырцц фæурæдта, йæ сæрыл ас лæгау бæрзонд схæ- -цыд æмæ йæ дæпдæгты къæс-къæс райхъуыст: — Уæ ме ’фсымæр, мадæп, фыдæн дæр нын ды уыдтæ æмæ Хъайтыхъ ма фæхуыйнон, дæ ныстуап дыи куынæ сæххæст кæ- нон... Фæлæ дын æфсымæры ард хæрын, цалынмæ уыцы цъам- марæй дæ туг нæ райсон, уæдмæ мæ къах Пахсæнæй ничердæм айсдзыпæн. Хъанцелы улæфт фæтынгдæр. ]Йæ æдых цæстытæ хуыскъ -суадонау сæхи ныллæмæрстой æмæ сæ фæйпæ æртахы муры рахъардта. Фæллад цæсгом йæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта. Теде сидзæр сæныккау йæ удафæттæм бадтп æмæ хæкъуырц- цæй куыдта. Аныгуылд дзрыгоп æлдар Хъанцелы стъалы. Йæ хисты фæл- хæрттæй йын халон иу стæг сцста æмæ йæ Науырыз-æлдары кæртмæ æрæппæрста. — Уæллæгъи, уый хуымæтæджы нæу, фæлæ Хуыцау тагъд ^ нæ кæны,— дзырдтой кæрæдзийæн адæм æмæ цыдæр бæллæх- мæ æпхъæлмæ кастысты. Хъайтыхъ æмæ Теде хотыхтæм афтæ æмхиц разындзысты, Ботас уый æихъæл нæ уыди. Йæ зæрдæ сæ барухс æмæ сæм йæ фæлтæрддзинады суадон æпæвгъауæй ныццарæзта. Лæппу- тæ мысан æхсынмæ цъæх арт уагътой. Бæхыл бадынмæ кæрæ- дзийæн бар пæ лæвæрдтой, афтæмæй туг исыпы рæстæг хæстæ- гæй-хæстæгдæр кодта. Мастисæг лæппутæ фат æхсынмæ афтæ сдæсны сты, æмæ иу тæхгæ-тæхын цъиу æрæппæрстой. Иу сæрфтæн-иу æхсаргар- дæй галы сæр атæхып кодтой. — Æгъгъæд у æихъæлмæ кæсыпæн. Фæсидоп мæ туджджын- мæ æмæ дзы лæгæй-лæгмæ тохы быдыры мæ маст« райсои,— 5
р^мыгъта йæ рохтæ Хъайтыхъ, фæлæ нæ сæ ахуыргæнæг Ботас урæдта. — Дæ фарн бирæ, ме ’лдар, фæлæ дам тагъд дон фурды не ’ййафы, фæзæгъынц. Фыдæлты æгъдæуттæ конд сты. Дæ кары нæма бацыдтæ, æмæ дын Пахсæны Хистæрты тæрхон бар куы радтиккой, уæддæр дæм де знаг нæ рацæудзæп, ома хъуымыз- дзыхимæ рахæцып мæ сæрмæ нæ хæссын, зæгъгæ, æмæ йын уæд никæй бон шщы у. Зоп, мæ хур, суадоны ивылд ауæзт нæ халы. Лæджы худ æркæнынмæ ма дæ афæдзæй чысыл фылдæр хъæуы æмæ’ бабыхс. Цы гæпæн ма уыдис, æмæ та дыууæ æфсымæры кард æмæ фатæй, уарт æмæ арцæй кæрæдзнйы айстой. Цæкуытау дæс æмæ дыууиссæдз азы чи амыртт-мыртт код- та, тæдзыпæджы æртæх кæуыл никуы æртагъди кæиæ æхсын- чъ’ы хæст чи нæ бавзæрста, ахæм бухъзæрдæ лæг уыди Науы- рыз-æлдар. Йæ сындз арм кæй уæпгты æххæссыд, уым уыр- сиуæг кæпыныл нæ ауæрста, тæригъæд нæ зыдта. Уæпыгау йæ ныллæг пыхыл, хылгæпæг уасджытау иыппехцел сты дыууæ æрфыджы,' æмæ сæ бынæй, сæтæлæджы зулкъ гогызæй куы фæтæрса, уыпау йæ цæстытæ æрттывтой. Йæ иард рустæ цыма мыдæй сæрст уыдысты, уыйау ыл бындзытæ абад-абад кодтой. Уыдис ын маймулийау цыбыр гуыр æмæ даргъ цæнгтæ. Гуы- мыдза хъаруйæ та ахæм уыд, æмæ-иу гал йæ дæларм фелвæ- ста. Гъе фæлæ лæгимæ æмриу æрлæууын йæ ныфс никуы ни- кæмæ хаста. Йæ амæддагмæ лæбурдта хæлуарæгау аууонæй, фæлæ йыл ацы хатт стырзæрдæйæ сайд æрцыд. Айрох дзы сты Хъанцелы хъуымыздзых дыууæ æфсымæры æмæ йын ныр фы- дæлты æгъдауы сæрты ахизæн нал ис. Сабаты Дугъты фæзы Хъайтыхъ-æлдаримæ лæгæй-лæгмæ тохы сæ иуыл хъуамæ йæ хуры хай аныгуыла. Сабатæхсæв Пахсæны сæрмæ æврæгътæ фырытау хæст са- мадтой. Арвы гæрæхтæ нал æнцадысты, фæлæ сыл дымгæ Бес- тауы хæхтæп фехситт кодта, æмæ уарын Даргъхъаллæйы1 ’рдæм афардæг. Бои дæр та йæ цæсты чъиутæ сæрфгæ пылыстæг лæ- дзæгæй фыпæй æрдзы базмæлыи кодта. Фæллад куыйты рæйд фæсабыр. Цъиутае дæр та сæ уымæл базыртæ бацагътой æмæ дыргъба\пæстæй сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбур райхъуыст. Науырыз æлдар дæр кæртмæ йæ ком ивазгæ рахызт æмæ Дугьты фæзы сæрмæ дæргъæлвæс мигъы цъупп куы суыдта, уæд йæ нард былтæ базмæлыдысты: — Гъе, гиауыры мыггаг, бæгуылæгау мæм йæ гæрзтæ цы рабаста. Абон де ’фсымæры хал мæ къухæй кæй ахæрдзынæ, 1 Даргъхъаллæ — ныры Прохладнæ. 6
уый уалæ дæ мардхæссæи сыпты аууопæй дæр бæрæг у,— йæ зæрдæйы ныфс бафидар кодта туджджын æлдар æмæ сагдзар- мыл сæууоп ламаз кæнынмæ йæ зонгуытæ æруагъта. Цы уыди, уæддæр хур арвы астæумæ схæццæ æмæ цымыдис адæмæй, тархъæды бæлæстау Дугъты фæзы къух бакæиæн дæр пал уыд. Д’аргъ гæдыбæласы цъуппыл мæгуыргурау бандзыг сау сынт æмæ, цыма йæ хурхы чылауийы апп ныссагъд, уыц каст кодта бынмæ. Фæйпæрдыгæй адæмы дзолгъо-молгъо æмæ бæхты мыр-мыр тынгæй-тыпгдæр кодта. Стыр Ныхасы, хистæрты фæпдыди хъуыддаг æнæ тугæй ахицæи кæпып, фæлæ Науырыз-æлдар зæххы арæптæ ивы’ныл куыиæ разы кодта, уæд сæ тæрхон ра- хастой: «Дыууæ знагæй алкæмæн дæр фæзы бæрæгастæу нс æртæ цæфы бар. Удæгасæй сæ чи баззайа, уый ацы бæстæй фæцæуæд. Кæд æмæ дыууæпæ дæр адзалæй фервæзоп, уæд се ’хсæп хæрамдзииад мауал уæд». Тохы фæзы фæйнæ кæроны дыууæ хохау ныхæй-иыхмæ æр- лæууыдысты дыууæ барæджы, æмæ сæм дзыллæтæ сæ цæсты- тæ иыццавтой. Фæзæн йæ иу кæроп урс бæхыл урс арсау бадти Науырыз- æлдар æмæ знæт богъайау йæ дынджыр сырх цæстытæй дза- гъултæгæнгæ йæ амæддаджы ныхъуырдтытæ кодта. Иæ къо- дахыпас сæрыл арф конд уыди згъæр худ æмæ хæрæгнасау хурмæ æрттывта. Залдзæгæй æхгæд уæззау гуырыл æрдзедзык- ка сты йæ хотыхтæ: болатæндон цирхъ, фæтæнком хъама, къæдз æхсаргард æмæ, карды ком кæуыл иæ хæцы, джебогъ кæм нæ ныхсы, ахæм хъæбæр уарт. Йæ рахиз дæлармæй та размæ сау калмау пыццыргъ æндонбырынкъ даргъ арц. Барæджы бын бæх доныхъазау йæ сæр радав-бадавгæнгæ бæрзонд систа æмæ зæхх йæ раззаг къахæй хоста. — Уый уæйыг у, уæйыг,— сæ цæст ыл æрæвæрдтой йæ адæм æмæ-иу фæзы инпæ кæрон лæууæг сау пымæты сау барæгмæ былысчъилæй акастысты, ома, дæ гуырæп райгæ, мыст къахта æмæ йæхицæн — гæдыйы сæр. Саударæг Хъайтыхъæн сау пымæты бынæй нæ хотыхтæ нæ зындысты. Уæвгæ дæр æм уарт æмæ æхсаргардæй уæлдай ни- цы уыд. Æрмæст йæ сæрыл уыд тахъа-худ, йæ гуырыл та це- речы хæдон. Уыдон дæр Ботас æмæ Тедейы æфсæрмæй скодта. Нысапгонд афои сыкъаты уаст æмæ бур-бурты гыбар-гыбур куы райхъуыст, уæд дыууæ барæджы дыууæ хохау сæ бынæт- тæй фенкъуыстысты. Тохы фæзы астæу хылгæнæг уасджытау кæрæдзийы къахæй-сæрмæ удхæссæджы цæстæнгасаей сбар- стой æмæ та сæ фыццаг бынæтты æрлæууыдысты. 7
Хъайтыхъ æнæ бафиппайгæ нæ фæци, нæ туджджыны ставд бæрзæйы фыдтæ æфсæн худ æмæ згъæр хæдопы æфцæгготы ’хсæп зыхъырæй æддæмæ хыссæйау куыдралæбырдысты, уый æмæ йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта. Науырыз-æлдар та хипымæр скарста: «Ацы -хъуымыздзых* мæ мæиæн гæрзтæ сисын худипаг у. Мæ бæхы къæхты бын æп куыдзы къæбылайау сæууæрддзынæн». Райхъуыст та тохмæсидæг сыкъаты уаст æмæ бур-бурты гыбар-гыбур. Дыууæ барæджы сæ бынæттæй пыхæй-ныхмæ фес- хъиудтой æмæ сæ хъусты уад пыхситт кодта. Бæхты сæфтджы- ты бынæй зæххы къуыбæрттæ фæйнæрдæм халæттау тахтысты. Туджджып æмæ тугисæджы ’хсæн быдыр куы скъуыидæг, уæд дзыллæ бамыр, фæлæ Науырыз-æлдар æмæ йæ адæмы сæ сæнттæ фæсайдтой. Сау бæх урс барæджы сæрты уарийау асæр- рæтт ласта, тохы фæзы пу зылд æркодта æмæ йæ рæсæнбына- ты мыр-мыргæнгæ йæ фæстæгтыл алæууыд. Науырыз-æлдар хъуахъдзыхæй аззад æмæ йæ бæхыл йæ маст калгæ йæ нысаи бынатмæ басирдта. Кæсы æгъатыр æлдар æнæуыион цæстæй йе зпагмæ æмæ æртхъирæитæ кæны: «Багъæц, гаццайы хъы- был, ацы хатт мын иал аирвæздзынæ, мæ арцы фындзыл дæ быдыргъау сисдзынæп!» Райхъуыст та сыкъаты уаст, бур-бурты гыбар-гыбур, æмæ та дыууæ знаджы кæрæдзимæ сæхи баппæрстой. Кæсгон æл- дары рахиз дæлармæй сау калмау размæ адаргъ сау арц æмæ дзы йе знаджы фæтæнриу милмæ систа. Дыууæ бæхы кæрæ- дзимæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ Тедейы хъапдзал нуæрт- тæ æнгомæй-æнгомдæр æлвæстысты æмæ йæхи фæранкау агæп- пæввопг нылхъывта. Йæ зæрдæйы куырдадзы дзæбуг риуы фæ- тæн фæйпæг хоста. Йæ цæхæр цæстытæ пиллон æртытæ уагъ- той, йе знаджы апирыпы мондагæй. Знæгтæ цæфæввопг кæрæдзимæ куы баввахс сты, уæд, æл- лах! зæгъгæ, адæм ныууынæргъыдтой æмæ сæ цæстытæ ахгæд- той. Фæлæ цæмæй фæтарстысты, уый пе ’рцыд. Фæстаг уысм Хъайтыхъ саргъæй йæхи хæрдмæ фехста. Сау арц йæ бынты асыффытт кодта æмæ та йæ бæхы рагъыл бецъебийау аныхæст. Тохы фæзы та цæргæсау иу зылд æркодта æмæ та йæ пысан бы- наты сæрыетырæй алæууыд. Рæстзæрдæ адæм æхсызгонæй су- лæфыдысты. Теде сæ ахуыргæнæг Ботасы йæ риумæ нылхъыв- та. — Ай хæйрæджы лæппып цыдæр куы у,— арц иуварс фехс- гæйæ цæф арсау ныууынæргъыдта Науырыз-æлдар æмæ нæ уæз- зау цирхъ кæрддзæмæй сласгæйæ, фæстаг цæфмæ йæхи æр- цæттæ кодта. $
Ныййазæлыдысты та тохмæсидæг сыкъатæ, бур-буртæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ та дыууæ зиаджы тохы фæзы бпкъыл мæлæт-. дзаг тохы бацыдысты. Фæлæ ацы хатт дæр тох бирæ иæ аха- ста. Науырыз-æлдар æгъдыпцæйттыл слæугæйæ алмасиком цирхъ уæлиау фæхаста æмæ йæ йæ тых-йæ бомæй сау барæджы сæрыл æруагъта. Фæлæ Хъайтыхъ дæр йæ лæппын иæ разыид. Сау иымæты быпæй йæм уарт фæдардта. Ахъаззаджы тыхджын цæфæй æндон цирхъ йæ фистоны рæбыпыл хъæлтæ фæхауд æмæ зæллаиггæнгæ иуварс атахт. Бæргæ ма фæлæбурдта Науы- рыз-æлдар йæ фæтæпком хъамамæ, фæлæ ардхалæгæи Хуы- цау уæлдай цæфы бар пал радта. Хъайтыхъы болат æхсаргард арвау йæ сæрмæ ферттывта æмæ йæ дыпджыр цъæх цæстытæ батар сты. Ие згъæр хæдоиы æфцæгготæй йæ тахъа худы ’хсæн цы гом тæлм уыд, Хъайтыхъы рæстдзæвип цæф уым сæмбæлд æмæ, кауы михæй пас куы акъуырай, уыйау æлдары дынджыр сæр зæхмæ атылд. Уæззау гуыр зыгуымы голлагау саргъыл хъилæй аззад. — Чи цы агуры, уый ссары,—- сулæфыдысты адæм. - Хъайтыхъ æмæ Тедейыл хур ракаст æмæ уыцы бои, уæл- мæрдты Хъанцелы ипгæны къæй ныххостой. Зианы йæ фæсдзæуинтæ сыптыл ахастой. Адæм дæр апырх сты, фæлæ мастисæн фæз дзæгъæлæй пæ баззад. Мæрддзыгой устытау æм халæттæ æртахтысты æмæ кæрæф æлдары ахст ту- джы фæзгъæртæй зæххы цъар сыгъдæг кодтой. Æгъдау кæмæ уа, уымæ æфсарм дæр вæййы. Стыр Ныхасы уынаффæйæп æнæ сæххæст гæиæн пæ уыд. Хъайтыхъ æмæ Теде сæ мæрдты пом, куыд æмбæлд, афтæ ссардтой. Фыдæлты дзу- æрттыл сæхи бафæдзæхстой æмæ сæ фæсдзæупн Ботасæп хæрз- бон загътой: — Мах кæдæм цæуæм, уый иæхæдæг дæр нæ зонæм. Ды та нын цæрæнбонты зæрдиаг лæггад фæкодтай æмæ дын пæ ис, нæ бои хæлар уæд. Нæ фыдæлты кувæпдæттæ æмæ уæлмæрдтæ де уазæг, дзæгъæл сæ ма иыууадз,— загътой æфсымæртæ ’мæ цыппар бæхыл уæззау уæргътæ бавæрдтой. Лæг ма фæрсгæ-фæрсгæ Хуыцауы хæдзар дæр к’уу. ссары. Сæмбæлдысты дыууæ лæппуйы дæр сæ Хуыцауы хайыл æмæ сæ Дыгур-Хъабан фырбуцæй арвмæ скæсын кодта, Хуыцауы уазджытыл хъæубæстимæ цин кодта хæхбæсты æнæмбал рæ- сугъд æрдз дæр. Сæрды фыццаг мæй сын пехуымпары чындзау сæ разы æрæвæрдта йæ хъулоп-мулоп диссæгтæ. Уæлвæзтæ дзаг уыдысты фосы рæгъæуттæй. Дæлвæзты зад хоры хуымтæ ден- джызау уылæнтæ кодтой. Комы фæхстыл уыгæрдæнтæй мыда- мæст дидииджытæ тыбар-тыбурæп хъазыдысты. Арф æрхыты къададæттæ сыр-сыргæнгæ дугъы згъордтой. Урсбарц æхсæр- 9
дзæиты сæх-сæх, алыхуызон мæргъты цъыбар-цъыбур, пирæи- гом хæхты сусæг пыхас æмæ сыфтæрджын хъæды сабыр уынæр адæймагыл базыртæ сагътой. Гъе-гъей, цас змæлæг уыди, цас, уæлдæфы æмæ зæххыл! Æниу хъæубæсты фыдæлтыккон сæг- дзыд хæдзæрттæ сæ бæрзонд мæсгуытæ сæ фæтæнсин гæнæхти- мæ уазджытæн цавæрдæр æпахуыр пыфс æмæ ’хсар лæвæрд- той. Фæлæ уæддæр уыцы рæсугъд æрдзы фидыц йе ’нæхин сыгъ- дæгзæрдæ адæм уыдысты. Уазæджы фыигыл бадыи дæр хорз у, фæлæ йыл Хъайтыхъ æмæ Теде бирæ пæ афæстиат сты. Хæдзары куыстытæм сæхи æппæрстой, цуаны цыдысты æмæ фæстæмæ хусармæй никуы æрыздæхтысты. — Цымæ цæуыл сагъæс кæныс, æви дæ дæ хъуыдытæ Пах- сæнмæ асайдтой? — иу изæр Теде бафарста йе ’фсымæры. — Охх, мæ мады зæнæг, цæмæй йæ базыдтай? Æцæгæй дæр байраг бæхыл ныртæккæ уырдыгæй æрбахæццæ дæп, фæлæ дæ афтæ æз куы бафарстаип, уæд цымæ ды та цы зæгъис? — Раст куы зæгъон, уæд канд нæ фысымæй иæ — хъæуы адæмæп дæр рахъастгæпæн иикæмæй нс. Уæларвæй æрхауæгау ныл узæлынц, фæлæ ме ’фсымæр, уызыны загъдау — цыфæнды мæгуырæй дæр — хи къуым,— арф пыуулæфыд Теде. — Раст зæгъыс, раст, мæ хуры мæсыг. Мæнæн дæр мæ сагъ- æс ууыл у, искæм нæ иæхицæп цæрæнбæстæ бацагурын хъæуы, — фæзæгъы Хъайтыхъ æмæ йе ’пкъард цæсгОхМ фæрухсдæр. Тæвд рæстæг уыд æмæ уыцы ’хсæв лæгтæ уæлхæдзар хуыс- сыдысты. Æрдз уыди æнахуыр сабыр. Æгæр-мæгуыр куыйты рæйын дæр ннкæцæй хъуысти. Æрмæст Тедейы хуыррытт хæлд- та хъæуы сабырдзинад, æмæ йыл къададæттæ пыр-пырæй худ- тысты. Уыдаид фыццаг кæркуасæнтæ. Хъайтыхъ бæгъæввадæй, цыма тæвд цæхæрыл ныллæууыд, уыйау фесхъиудта. — Лæппу, цæмæн тыхсыс, æпхъæлдæп, цыдæр фыдфыпты азары бахаудтæ,— ныллæг хъæлæсæп йæ афарста Дыгур-Хъа- бан. — Дада, бахатыр кæн, фын æнæхсадæп нæ фæдзурынц, фæлæ мæ сурхид акалди, ныр дæр ма, мæ сæрыхил арц бады æмæ дын æй æиæ радзургæ нæй,— йæ уæлæдарæс кæпгæ ныз- зæмбыдта Хъайтыхъ. — Гъы, дæ хорзæхæй, уагæры цытæ федтай? — бадис кодта зæронд лæг. !— Цыма Сонгуыты хохы цуаны уыдтæи. Лæгæтмæ мæм æр- бацыд æнахуыр диссаджы мнгъын лæг æмæ мæ баййардта: дæуæн дам дæ цæрæн бынат Ход куы у, уæд ам цы ми кæныс? 10
— «Ход» та цы у, куынæ йæ зонын, зæгъгæ, куы бадис кодтон, уæд мигъын лæг цъупгай апырх стæй гуыр-гуыргæнгæ фæстæ- мæ æрбамбырд æмæ цæхæр калгæ йæ сыф-сыф ссыд: «Ход у Хуыцауы сыгъдæг улæфæн бынат, цом мемæ æмæ дын æй фе- нын кæнон». Цыдыстæм арф кæмтты, бæрзонд рæгътыл, стæй Хъивоны æфцæгæй скæсæнырдæм сызгъæрин къахвæидагыл ауырдыг стæм. Бахаудтам æмбисонды рæсугъд стыр дидинæджы къус- чы. Мæ дисæн кæрон нал уыди: «Дæ хорзæхæй, ай цавæр бæс- тæ у?» — бафарстоп ме \мбæлццоны. «Дæ цæрæн бæстæ Ход у æмæ дзы саг амар»,— райхъуыст мигъын лæджы сыф-сыф æмæ мæ иу къуыбырыл авæрдта. Бынæй, арф нарæг комы цæу- гæдон урс æндахау зынди. Иннæрдыгæй сыфтæрджын æмхæц- цæ хъæд, æрдузтæ, суадæттæ. «Ай та дын Дарвазы фидар»,— райхъуыст та мигъын лæджы сыф-сыф æмæ фæцыдæр и. «Фæ- лæуу-ма, чи дæ, цы фæдæ?» — фæйнæрдæм фæлгæсгæ фæхъæр кодтон æз. «Мигъты бардуаг Æвриагъд дæн»,— ныггуыр-гуыр кодтой мæ хъустæ æмæ фехъал дæн,— фæци йæ ныхас Хъай- тыхъ. — Табу Хуыцауæн, лæппу, уый хуымæтæджы фын нæу, фæ- лæ ацафон дæ хъæппæлтæ та цæмæн кæныс? — бадис кодта Дыгур-Хъабан. — Мæ фыны фæндæгтæ, дада, мæ цæстытыл уайынц æмæ сын ацы тæккæ цæфыл æнæ бабæрæггæнгæ нæй,— скарста фи- дарæй Хъайтыхъ. — Æмæ уæд та демæ Тедейы айс... — Нæ, тæригъæд у, уадз æмæ йæ фæллад ссæуа,— уыди лæппуйы фæсус дзуапп æмæ сабыргай уæлхæдзарæй ахызт. Хур Газнйы къахырæй йæ цæст сдардта, афтæ Хъайтыхъ Хъивоны æфцæгæй акаст æмæ, фыны куыд федта, афтæ скæсæ- нырдæм ауырдыг. Урс хохы уæлдагътæй йæм хъуысти зымты æнувыд къуыззитт, схъæлзæнг сычъиты футт-футт. Куыд дæ- лæмæ цыд, афтæ йыл хъæды ’рдузты æмбæлдысты хуыргæрчы- ты балтæ, мæгатæ, фиудзылы уæрццытæ, тæппуд тæрхъустæ ’мæ сæгуыттæ. Зæххыл къах æрæвæрæн нæ уыди мæцкъуы, рагъсис, саунæмыг, сыхсы, æрыскъæф, мæнæргъы æмæ дзеды- рæгæй. Хъæды аккуырсæн нæ уыд æлæмау зад алыхуызон га- гадыргъ æмæ хæрыпæп бæзгæ кæрдæгхалæй. Кæм бæласы бы- нæй, кæм та дуррæбынæй згъордтой цæссыджы хуызæн сыгъ- дæг суадæттæ. Æпæнхъæлæджы уазæгыл цин кодтой сырддон- цъиутæ ’мæ гæлæбутæ дæр. Хъайтыхъ йæ фыны фæндæгтыл иæ фæдзæгъæл. Дарвазы фидар дæр ссардта æмæ, йæ былæй куы акаст, уæд æм аргъ- æутты бæстæ æнæхъæнæй дæр армыдзыхъы æрæвæрæгау ра- 11
зыид. Афтæ йæм фæкаст, цыма мыдæй йемыдзаг, æнæвгъау дыпджыр дидииæджы къусчы лæууы, æмæ дардыл фæлгæсын- тæ систа. Алæмæтон дидинæг æрзади хæхты хъæбысы æмæ йæ хъулон-мулон базыртæ гæлæбуйау хурмæ ныттыгъта. Æрзылди цуаион пппæрдæм æмæ дæлæ диссаг: цъæх æр- дузы цады был æстдæссион саг лæууы æмæ дон пуазы. — Табу Хуыцауæн, уый та мын Æфсатийы лæвар,— баццн кодта Æвриагъды уазæг æмæ сырды галиу дæларм милмæ си- ста. Фат йæ пысаныл сæмбæлд. Саджы мехъ фæцыд æмæ йæ раззæгтæ зæххы афсæрста. Изæрæй Дарвазы был арты цыреи арвмæ фæцыди. Бæрзы талайæ конд уæхстыл пард физопджытæ цæх-цæх кодтой, æмæ сæ адджын тæф хъæдыл ахæлиу. Мæйдар æхсæвæн кæроп иал уыди. Хъайтыхъ саджы фæхсыптæм пысырайы фæздæгæй зылд фæци. Бæлæсты цæнгтыл сæ æрцауыгъта æмæ, куы ’рбабоп, уæд заерватыччы базыртыл йæ фæд, йæ фæд атыпдзыдта. Цæй- бæрц суадаид, чи зоны, æмæ дын уæлæ фахсы къæхæны сæр урс-урсид фыр сыпæр цæгъдгæ лæууы. Цуаноны фыпдзыл та физонæджы тæф ауад. Йæ армытъæ- пæн æй схордта æмæ рæсæпы дуры аууоп æрбадт. «Арæби, фыр уаид æмæ ардæм кæцæй æрхауд, дзæбидыр æй схопои æмæ йын фыры дымæг ис»,— сдывæпд цуаиои лæппу, фæлæ æрдын- бос йæ уæхсчы уæиг аивæзта. Урс фыр туг калгæ къæхæны сæрæй расхъиудта æмæ чысыл дæлдæр фæзы йæ гæпдзæхтæ цæгъдгæ бапцад. Хъайтыхъ кар- дæлвæстæй йæ уæлхъус бæргæ алæууыд, фæлæ дын мæпæ цар- циаты æмбисонд: урс фыр æрбадæлдзæх æмæ йæ тугæйдзаг бынаты гæнахы йас тымбылгомау урс дур февзæрд. Цуанон æнахуыр дуры раз уадзыгау йæ зопгуытыл æрхауд æмæ пыл- лæгъстæ кодта: «Уæ мæ кæнæг Хуыцау, мæ сонт рæдыд мып иыббар! «Цы зæд, цы дуаг дæ, табу дыи уæд æмæ мæ де уазæг бакæ,— аф- тæ кувгæ Хъайтыхъ йæ уæрджытыл тигъы онг фæстæрдæм фæ- хылд, стæй йыл уырдыгæй уæлæмæ цыппар къахы базад. Изæр- милты Хъайтыхъ худаистæй йæ фысымтæм æрхæццæ æмæ сын йæ балцы хабæрттæ бæстон радзырдта. — Охæн дессæгтæ ба, биццеуæ, нæ коми дæр адтæй, фал, æвæдзи, еци бæстæ ицæг хуадæ ка и, е бæрæг æй, ма имæ æнæ- мæпгæ еппæбоиæ чкувди цæуин гъæуй,— табутæгæнгæ загъта Дыгур-Хъабан, æмæ уыцы изæр æртæ гуыборы скуывта. Хæдзары хицау йæ пыхас дардмæ нал аргъæвта. Æртык- каг бон Дыгур-Хъабап, Хъайтыхъ æмæ Теде æмбисонды дуры раз сæ бæхтæй æрфистæг сты. Урс далыс акусарт кодтой, æмæ физонджытæ куы сцæттæ сты, уæд дзыхарæх’ст зæронд-лæджы 12
куывдмæ .æнæрцæф æрдз æрыхъуыста. Дуне цыма бандзыг, цыма Хуыцау æмæ йе скопд зæдтæ сæ уæлхъус лæууыиц, уый- ау омменгæнджыт&н сæ хъуып арц сбадт, сæ сурхид сæ къæх- тыбыпæй акалд. Дыгур-Хъабан йе ’ргоМ лæппутæм раздæхта æмæ йæ куывд ^алхынцъ кодта: — Уа, Хуади зæдтæ ма идаугитæ, табу уин! Нæ ковипæгтæ унч барст уæптæ! Мæпæ еци диууæ седзæр лæгъуæни дæхæдæгæ уæхецæн кувгитæн бацагурггайтæ, ’ма уин сигъзæреп тæбйегъти- бæл фæкковæптæ! Сæ цæуæг цæрæнбæстæ ба син амондгйн биу- уатæ фæкæптæ! Ма уопи æппæти арфæтæ ба нæ кæстери уæн- тæ!—фæзæгъи урсзачъе лæг, æмæ Теде, йæхи кувинæгтыл ан- дзæрста. Рацыдаид ма къуыри, æмæ Пахсæпаг æлдары фырттæ Дар- вазы был Ходы хъæуæн быидур æрæвæрдтой. 11ог бынатæй лæджы тæф куы ацыди, уæд æм сырдтæ, мæргътæ дæр сæхи хæстæгдæр ласын байдыдтой. Хъæды бæлæстæ, цæугæдæттæ дæр фæхъæлдзæгдæр сты ’мæ сын’сæ зарджыты зæлтæ хæхтæ, къæдзæхтæ фæзмыдтой. Æвæдза, пыхасæп йæ зын дзыхæй аирвæзып у, æндæра ар- вы кæрæттæм дæр ахæццæ вæййы. Фырыдуры хабар дæр Хо- дæй мыдыбындзау комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ тахт, æмæ йæм адæм чыртæ-чыртæй куывды цыдысты. Куыннæ-иу загътаиккой ахæм-уазджытæп «æгас цу» бына- тыхицæуттæ, æмæ ДарвазЫ был бæхбæттæн бæхъытæ фылдæ- рæй-фылдæр кодтой. Æвæццæгæн æрцæуæг лæпнутæм цыдæр фарн хæццæ кодта. Сæхи сыл хуымæтæджы пæ бастой Сидæ- монтæ, Цæразонтæ, Къусæгонтæ æмæ Цъæхилонты фæсивæд. Фæлæ цыфæпды хъæздыг хæдзар дæр æпæ ’фсинæй уазал тæф кæпы æмæ иуахæмы Теде йæ хистæры хъусы бацагъта: — Гъæтт, ме стыр пыфс, къæйиых пыхас мын ма фæуæд, фæлæ æнæ карк уасæджы уаст дардмæ пæ хъуысы. Дидинæг тоныпафон у, æмæ дæ рои æрбалвас. Цæгатаг дымгæ та- уаддзалхæй хъазынхъом фæцис, æмæ та хърихъуппытæ дæр Ирыстоны хæхты сæрты сæ зымæгоц дарæптырдæм ахæцыдысты. ’ Æнæтыгъд хус æрчъиагау боны дæргъ æмпылд æмæ алчи хæлофæй йæ цардæп æмпъузæнтæ кодта. Хъайтыхъ дæр фесгуыхт. Цæразопты къуылдымæй йæ амоиды дидинæг Дзерассæйы æрхаста. Ходы зæххыл уып уыди фыццаг чындз. Ципы хабар хуры тыптау хæхтыл апырх æмæ йæм Уæлладжырæй, Дыгургохмæй арфæты суадæттæ фемæхсты- сты. Чыпдзæхсæвы фынгтæ дыууæ къуырийы дæргъы Дыгур- Хъабап сисын нæ бауагъта. Стыр хæдзары буцхаст чызг уыд Дзерассæ-рæсугъд. 13
Йæ рæхсрæг урсцъар цæсгомыл æргом зынд уæздан мыгга- джы фидар æгъдау æмæ ’фсармы фæд. Куырисбаст мыдхуыз дзыккутæ йын аивдæр кодтой йæ талас гуырæвæрд. Туасбын- дзау кæд йæ нарæг астæу фæсæттын æввонг зынд, уæддæр йæ бавнæлд уыд — арæхстджын, йæ къахайст — рæвдз. Ницæмæй батыхсид бæргæ Дзерассæ. Хуыцауы фæрцы кæр- ты маргъæй, фосæй алцыдæр змæлы. Фæлæ иуырдæм акæс æмæ — хæхтæ, иннæрдæм азил — æмæ къæдзæхтæ. Мачи дæм аггур æрбауайæд, макæмæн дæ ныхæстæ акæ. Ахæм æдзæрæг ран, чи зоны, йæ ныфс асастаид ног чындзæн. Фæлæ ма Хуыцау хорз кодта \мæ йæ цæгат æнæрхьуыды нæ разындысты. Йемæ йын Дзугко, зæгъгæ, иу кусæг чызджы фæсдзæуинæн снывонд кодтой æмæ йæ уый æнкъард кæпын нæ уагъта. Дзугко уыди саулагъз даргъдзыкку чызг. Йæ бæрзонд, гуыр- вндауц уæпгтыл цармы хæбырæгъ куы ’рбакодтаид, уæддæр адæймаджы цæсты зæды къабузау ахадыдта. Нымадтой *йæ хæдзары бинонтыл, фæлæ йæ бынат хорз зыдта æмæ алкæмæн дæр кæстæриуæг кодта. Канд къæхтæхсæг нæ уыд, фæлæ хæ- дзары куыстытæй дæр «уæуу» никуы загъта. Уазæгджын хæ- дзары бирæ лæггæдтæ хъуыд, фæлæ йын цыма цыппар къухы уыд — се ’ппæтыл дæр æххæссыд. Рæстæг цыд. Дзерассæпæн Мадымайрæм балæвар кодта сызгъæрин дадали/тжын чызг, æмæ йыл ном сæвæрдтой Тама- ра\ Бйпонты нымæц фæфылдæр æмæ, кæд чызджы номыл куывд не ’мбæлд, уæддæр æртæ кæрдзыиæй сæ бынаты ном ссардтой. Фæстæдæр, æгъдау куыд амыдта, афтæ Дзерассæ уæззау хуын- тимæ йæ цæгат бабæрæг кодта æмæ дзы афæстиат. Уыцы рæс- тæджы Теде та Дыгур-Хъабаны фæззыгон куысты уыд, æмæ сæгуыт бирæгъы æвджид баззад. Дзугко цæстыахадгæ кæй уыди, кæйдæрты зæрдæтæ дæр æм кæй æхсайынц, уый Хъай- тыхъ æнæ бафиппайгæ нæ фæци æмæ хинымæры скарста: «Цы уа, уый уæд. Комы худинаг куы кæион, уæддæр ацы чызджы мæ хæдзарæй никæдæм ауадздзыпæн»,— æмæ йæ уыцы изæр йæ хуыссæнмæ байста. Бæргæ ма нæ гæндзæхтæ цагъта Дзугко, фæлæ йыл нæлгоймаджы тæвд буар куы бамбæлд, уæд йæ зæр- дæ схъыдзы кодта æмæ æнахуыр æхсызгондзинады арты аленк кодта. ДАВОНЫ ХÆРД НÆ СУСÆГ КÆНЫ Хъайтыхъæи йæ давоны хæрд иæ басусæг. Худннаджы хъæр комы сæрæй комы дымæгмæ айхъуыст æмæ йæ адæм цъиутау уасыдысты. Лæгæн йæ бæрзонд сæр фæгуыбыр æмæ йæ сæгъ- 14
дзарм худ цæстытыл арфдæр æркодта. Дзерассæ та йæхими- дæг нуæрст зынгау мæстæй тади, фæлæ йын йæ сæрыхицауы тызмæг цæстæнгас йе ’взагыл ихы къæртт сæвæрдта æмæ йæ уаты талынг къуымы авдæны сæргъæд йæ цæссыгтæй æхсадта. Дзугкомæ та быитон ’ рухсы цъыртт никæцæйуал зынди. Хъæды бæлæстæ æмæ сисы дуртæ дæр цыма уымæн уайдзæф- тæ кодтоп, уыйау йæхимæ хъусыпыл фæци. Р1е ’хсинæй æфсæр- мы кæнгæйæ хæдзармæ бацæуып йæ цæсгом нал хъæцыд æмæ- пу ыл скъæты æрбон. Фаелæ.рæстæг йæ кæпои кодта. Йæ гуы- бын бæлвырд куы фæкъуыбыр, уæд мæт æмæ сагъæсæй йæ хъуыры къæбæр нал цыд. Нал æй æндæвтой зæрватыччыты *ъæлдзæг цъыбар-цъыбур, зымты æыувыд къуыззитт, мæлхъы- ты мæлхъ-мæлхъ, сидахъы æхситт, уæрццыты былдыхъ, уасæ- гойы уаст æмæ хуыргæрчыты айк-айк. Нал æм хъуыстысты æфсæст фосы хуыррытт, сæныччыты уаст, уæрыччыты бæгъ-бæгъ æмæ сæ куыдз Чъымбысы хæпп-хæпп дæр. Цыбырдзырдæй йын хур йæ ных золочъийæ цавта, мæй та йæ йæ фæдыл ныгуылæн- мæ сайдта. Хурныгуылды дам Аминоп мæрдты дуар сæхгæны, фæзæ- гъыпц. Ныхъхъуыды кодта иуахæмы Дзугко æмæ цæмæй ма байрæджы кæиа, уый тыххæй нæхи рагацау Дарвазы бæрзонд былмæ бапста. Йæ куыстæхсыст дыууæ армы йæ къуыбыр гуы- быныл сæвæргæйæ комы арф бынмæ акаст æмæ пыдздзынæзта: — Уæ мæ уды гыццыл гага, цы помæй дæм бадзурон, нæ зонып, фæлæ мын ацы сау фæнд ныххатыр кæн. Нæ дын уы- нын кæнын рухсы цъыртт, нæ дæ уадзын ацы дзæнæтон æрдзы хъæбысмæ, уымæи æмæ ницы уыдзыпæ ацы мæпг дунейы. Нæ дын уынын кæиыи хуры рухс уымæп, æмæ дын мæ бон пæ ном раттып бауыдзæн, нæ мыггаг. Æнæ уыдон та дзæгъæл цъиуæй уæлдай нæ уыдзыпæ æмæ дæ сау халæттæ бахсындзысты. Дæ- уæн, мæ уды гыццыл мур, уыдæттæ бавзарыны бæсты æз ацы сæрсæфæны рындзæй демæ мæхи æппарын, фæлæ мын дæ тæ- ригъæд ме ’памоид скæнæг Хуыцау иыххатыр кæпæд,— ныдз- дзыпæзта Дзугко æмæ размæ куы феикъуысыд, уæд æй Дзе- рассæ ацахста. Иæ амонды сызгъæрпн зæды хай ратахт уыцы изæр фæс- дзæуин мæгуыр чызгыл, æмæ Дарвазы сау къæдзæхы бын йæ дыууæ сау рæсугъд цæсты хæдмæлхор сынтыты амæддаг нæ фссты. Дзерассæйы мæлгъæвзаг æмæ фæлмæп къухты узæлд ын сыпдæггай йæ уд йæхимæ æрцæуын кодтой. Хъарм æхсыры къус йæ саст уæнгты æлутонау куы ахъардта, уæд йæ риуы арф æмбæхст куырдадзы гыццыл дзæбуг базмæлыд æмæ йæ ихсыд фæлурс уадултыл къуымбилы лыстæг уидæгтау дыдзыхуры тæнæг тыптæ фæзынд. 15
Йæ хæкъуырцц нал урæдта æхсины фæсдзæуин, фæлæ йын Дзерассæ йæ сæр æрбахъæбыс гæигæ пыфсæвæрæптæ кодта: — А фа&стаг бонты мæхимæ хъусыпыл фæдæп æмæ мын ро- хуаты кæй ■ аззадтæ, уыцы рæдЫд МЫн ныббар. Мах абонæй фæстæмæ стæм ацы хæдзары дыууæ цопджы. Уый нЫ’и хъые- мæты тæрхон у æмæ йыл тæргæйттæ куы кæнæм, уæд иын Хуыцаумæ хъыг фæкæсдзæи. Хъæбулы ад куы бавзарæй, уæд дæ фыдæбæттæ ферох уыдзысты. Уæд цардмæ æндæр цæстæй кæсдзынæ. — Бузныг, мæ уæздан æхсин. А дунейыл мын мадæн дæр, хойæн дæр, фыд æмæ æфсымæрæн дæр ды дæ— ныххæкъуырцц кæны Дзугко æмæ Дзерассæйыл ныттыхсы. Тар мигъты кæуыпы сæр пæ бахъуыди. Дарвазы бæрзонд рындзæй сæхи айстой æмæ Гуыдырты комы сæрмæ Урс хохы ппрæигæмттыл сæ.фист гуыбыптæ хафтой. Хур дæр та хуындзау чызгау йæ хуыз скалдта æмæ æрдзы рæсугъд хъæбысы хæрдгæ æндæхтæй хъазгæ-худгæ алдымбыдтæ нывæста. Иу дидинæджы къусчы дыууæ мыдыбындзау кæрæдзийы цæрайæ цардысты Дзерассæ æмæ Дзугко дæр. Сæ дыууæ дæр фаззæттау иу ни- зæй хъæрзыдтой, фæлæ ацы хибар бæстæйы сæ хъаст кæмæн ракодтаиккой, уый сып нæ уыди. Хуыцау бæрзонд, паддзах — дард, сæ тиу Теде та хæтæг лæг у æмæ хатгай дзуарау куы фæзыны, уæддæр æм уайсадæг чындзытæ сæ ком куыд хъуамæ райхалой. Фесты сæрдыгоп сызгъæрии бонтæ. Бæрæчеттарм фæззæг дæр та йæ бур аласайыл бадгæ хæхты къуымты æрзылд æмæ кæмæн стæг æппæрста, кæмæп та пард хæйттæ лæвæрдта. Хъай- тыхъ та йæм цыма йæ дыууæ къухы дæр бадардта, уыйау ыи иу мæйы мидæг Дзерассæ æмæ Дзугко балæвар кодтой тыхъы- лы фæрдыджы хуызæн фæйнæ лæппуйы. Æрмæст сæ иу— мыд- хуыз, аппæ та — саухил, фæлæ фыды хъуыпджын зæрдæ фæса- джил. Ацы хъуыддаджы тыххæй йæм иуæй йе ’фсымæр Теде фæзулдзых, аннæмæй та йæм йæ каистæ уазал цæстæй акасты- сты æмæ йæ саухил фырты мадæн хибар ран иу къуым бацъапп кодта. Цы ’рцæуипаг уыд, уый æрцыд, фæлæ ирон лæджы хæдза- ры лæппуйы райгуырд Хуыцауы лæвар у, æмæ Хъайтыхъы къуылдыммæ зонгæтæ, æрдхæрдтæ æзфæраздæроиæй арфæтæм цыдысты. Номæвæрды куывды боп дæр æрхæццæ уæдæ цы уыдаид. Уазджытæ фырдиссагæй Дзерассæйы мыдхуыз хъæбулы сæ былтыл радав-бадав кодтой. Бирæ сидтытæ, бирæ арфæты фæ- стæ, мадæрвадæлты хал схауд æмæ куывды фынджы хистæр 16
Дыгур-Хъабан, ноггуырд Джеррджийы цæрæнбоны тыххæй сæр- магонд гаджидау ауагъта. Уазджытæ æнæхъæн къуыри сойы æвдылдысты, фæлæ дзы саухил лæппу æмæ йæ мады кой никæмæй сирвæзт. Æвæццæ- гæн, сæ Хуыцауы хайæ дæр ферох сты æмæ æнæ номæй тулдз бæласы талайау рæз хаста. Иæ мад æй Гаги, зæгъгæ, бæргæ хуыдта, фæлæ йæм иннæтæ йæ ныййарæджы номæй дзырдтой æмæ цæрæнбонты Дзугкойæ баззад. Тæригъæд нæй, зæгъгæ, макуы мачи зæгъæд. Дыууæ арты астæу цард ацайдагъ бирæ цотмæ бæллæг Хъайтыхъыл, фæлæ кæд æхсæвæй-бонæй Хуыцауæн лæгъстæ кодта, уæддæр æм Ма- дымайрæм йе ’ргом нал раздæхта æмæ йын уымæй фæстæмæ зæнæг нал рацыд. Нал баныхæст дыууæ æфсымæры саст кæрдзын дæр. Теде йæ уæздан чындзæй хатыр ракуырдта æмæ Гæдыты арф комы, иннæ фа’рс, Сауысæрмæ йæ арты хай ахаста. Зæххы цъар дæн- дагæй чи фехсыны, ахæм сæрæн, куыстуарзаг гуырд уыди Теде æмæ йæ ног бынаты тъæпæнсæр агъуыстæй уæлдай мæсыджы бындур дæр æрæвæрдта, Сардзины дæргъæн лæппуйы фидар уæнгтæ фæрæтæй амад дуры хуызæн уыдысты. Уыдис ын дæр- гъæлвæс цырпъгомау цæсгомы æвæрд. Арвы цæф дæр чи бау- рæдтаид, ахæм фæтæн уæхсчытæ, нуарджын ставд бæрзæй æмæ калмау тасаг гуыр. Йæ къуыпп ныхыл æхсаргардæигæс æрф- гуыты бынæй хъызт боны дæр æхсызгон æрттывд кодтой æрв- хуыз дыууæ цæсты. Цæргæсы бырынкъау гуыбыргомау фындзы бынæй-иу йе ’лхъывд æфсæртæ куы фæзыхъыр сты, уæд-иу йæ урс дæндæгты рæгъ ногахст цыхты къæрттытау ферттывтой. Иу цыбырныхасæй, карз тымыгътæ æмæ тыхджын дымгæтæ дæр фенкъуысын кæй нæ фæразынц, ахæм тулдз бæласау бас- гуыхт Теде, фæлæ йæм иу- лæмæгъдзинад уыды: хъыдзы-хъы- дзы, зæгъгæ, йæм дæрддзæфæй дæр де ’нгуылдзтæ куы базмæ- лын кодтаис, уæд-иу зæххыл сывæллонау худгæ атылди. Æр- мæст ын уыцы аипп йæ хистæр æфсымæр Хъайтыхъы йеддæмæ ничима зыдта. Суджы арæхæй Тедейы къоиайы æхсæв уæд, бон уæд, цы- рен арт иæ мынæг кодта. Сырды фыдæй физопджыты хус смаг суанг Сæгъдуцæны бæрзондмæ дæр хæццæ кодта, фæлæ дзы уæддæр нæ бæркад уыди, нæ тафс æмæ сагсур лæппуйы усгуры хъынцъым бацыд. Чи цы агура, уый ссары. Теде дæр йæ амондыл Дæйыхъæуы фæхæст æмæ кæрдæгхæссæны мæй Сидæмонты нарæгастæу, урс дæллагхъуыр чызг Борæханы æрхуыдта. Æвæдза, сылгоймаджы арм хæдзары уалдзыгон хур у, Сау- сæрæй дардмæ, хуыскъ бæласау цы хæдзар зынди, уый диди- 2 Мах дуг № 11—12 17
нæгау цæхæр калдта æмæ дзы мæргъты цъыбар-цъыбур, мыды- бындзыты дыв-дыв райхъуыст. Теде дæр цыма ног райгуырд> уыйау йæ фист азгъæлдта, æмæ уалдзыгон сагау йæ хуыз скалд- та. Суанг ма æфсымæрты æхсæн цы хуырвæндаг ныхъхъæбæр, ног чындз уый дæр бахсæста æмæ йæ арæхстгай сойæ сæрста. Цыдысты бонтæ, къуыритæ, мæйтæ, азтæ, фæлæ Борæхан хуыскъ бæласау, тыллæг нæ лæвæрдта æмæ йæхиуыл сусæгæй куыдта. Фæсагъæсхуыз Тедейы уаз цæсгом дæр æмæ Мадымай- рæмæн лæгъстæмæ алы аз урс уæрыччытæ æргæвста. Кувæн- доны раз-иу æртæ сæрбихъуыройы дæр акодта, фæлæ йын йæ курдиат Хуыцау æрæгмæ иста. Æрмæстдæр æвдæймаг аз бан- хъæлцау Борæхан æмæ фырцинæй зæххыл нал хæцыди. Цæмæй зыдта, мæгуырæг, йæ1 базы бын залиаг калм бамбæхст, уый. Æвæдза, Ходои уалдзæг паддзахы чындзæхсæвæй дæр хъæздыг- дæр æмæ хъæлдзæгдæр вæййы. Мæнæ сызгъæрин аджы хуыл- фау йæ хуссар, йæ цæгатвæхстæ скæсæнæй ныгуылæны онг сæхи сфæлындынц, адæймаджы зæрдæ уæрыккау кæмæ фæкафы, ахæм цъæхзæлдаг хъæдабæйæ. Фæйнæрдыгæй стъалыты хур- туанау тыбар-тыбургæнгæ алыхуызон дидинджытæ сæ мыды боцкъатæй æппæлыи байдайынц. Фæлмæн уддзæф хæмыцыри- хиæмхæццæ зад кæрдæг чындздзон чызджы хъуымбыл дзыкку- тау куы аулæн кæны, фæйнæрдыгæй алымыггаг хъæды бæлæ- стæ сæхирдыгонау сырсыргæнгæ цыдæртæ дзурын куы байда- йынц, уæд адæймагыл цæргæсау базыртæ базайы. Быитон диссаг та йæ æвзистдзых, æвзистбарц, мардæгасгæ- иæг суадæттæ вæййынц. Кæцырдæм дзы нæ акæсай, ногзад хъуа- зы фæдджытау фæхстæй лæдæрсынц æмæ сæ алфамбылай рæу- базыр гæлæбутæ пæр-пæргæнгæ кафынц. Мæргъты хъæлдзæг цъыбар-цъыбурмæ, мингай мыдыбындзыты фæндырты нæртон цагъдмæ цавддур дæр æнæ ракафгæ нæ фæлæудзæн. Æниу нæуурæгъты сæргълæууæг пирæнгом хæхты цæгтæ та? Мах дæр уын фысым, зæгъгæ, рæдау æфсинтау алкæмæ дæр сæ сау цæстытæ ныкъулын байдайынц. Уæдæ дзы кæм æрлæу- уай, уым æрæвнал æмæ дын мæнæ дзындзалæг, цъамалæг, æх- сæвæрæг, цæвæгхос, хуырхæг, гæнгæлы, сæнк, диси, кæрог, скъуда... Хæр æмæ хæр, дæ къæхтыл дæр ма гуыбынтæ куы уаид. Иуырдæм асапчъех кæн, æмæ — дæ уыгæрдæн, иннæрды- гæй — дæ хуымтæ. Уæдæ хъæд, цæугæдæттæ, æмæ фосхизæптæ дæр дæ фындзы бын. Æрмæст дзы змæлын фæраз æмæ бæстæ — зери, иууылдæр дæу. Ахæм рæсугъд, хъæздыг уæлхохы цардæй чи бафсæддзæн, фæлæ дзы хæрзуд Борæханыл йæ хъысмæт сау рувасау сайдæй рацыди. Раст ын Рекомæхсæв дыккаг кæркуасæнты чызг æмæ лæппу райгуырд, фæлæ сын сæ хуртæй нал бафсæст. Æртæ бо- 18
ны ма йе ’вгъæддон сынтæджы атухæнтæ кодта, æмæ йыл бопы рухс батар. Æдзардæй амард æрдзы фидыц, хæрзуд, хæрзæгъдау Борæ1 хан, æмæ Ходы бæстæйыл арв йæ сау пæлæз æрытыдта. Куыд- той йыл уаддзагъд æврæгътæ, хъынцъым кодтой фæллад хæхтæ. Гæдыты нарæг комы ивылд дон дæр йæ пехцел дзыккутæ бын- дзыгæй тоигæ кæдæмдæр тындзыдта: Хъæды бæлæстæ дæр сæ сæртæ кæрæдзимæ бакъултæ кодтой æмæ сæ дæдæйæ нал æи- цадысты. Суанг ма Здарон æмæ Дæлцъисоны дидииджытæ дæр сæ уæздан, къæбæлдзыг сæртæ æркъул кодтой. Ололийы хъар- джытæ æмæ лæмæгъзæрдæ уыджы æнкъард марой та мæрд- дзыгой адæмы рыст зæрдæтæ агайдтой æмæ сæ цæссыгтæй Бо- рæханы мæрдтæмвæндаг уымæл кодтой. Мæрдджын хæдзары иу къуымы, дыууæ æнахъом фаззопы сæ авдæнтæй хъиу-хъиугæнгæ агуырдтой ныййарæджы хъарм риу, фæлæ сæм хъусдарæг нал уыд. Æрмæст Тедейы мæсыджы цъуппыл, пака бадт цы сау сынт кодта, уый сæм хæдзары гом дуары зыхъырæй касти æмæ сæ йæ зыдыка цæстытæй ны- хъуырдта. Мардыл хæдзары хицауæй тынгдæр кæд пичи рыст, уæддæр ын йæ ирон æфсарм мæрддзыгой адæмы раз кæуыны бар нæ лæвæрдта. Йæ цæссыгтæ æмбæхсынмæ-иу аивæй фæскъулмæ бауад æмæ-иу уым йæ сæр тымбыл къухæй хойгæ йæ тыппыр- тæ суагъта. Фæхицæн Борæханæн йе ’ртыккаг сабат дæр уæдæ цы уыда- нд. Дзерассæ æмæ Дзугко æнамонд фаззæтты сæ дæллагхъуыр бæргæ рæвдыдтой, фæлæ хъарм доиы ихы мур ныппарæгау хъуымыздзых чызг уайтагъд атад æмæ йæ гыццыл цæстытæ аныгуылдысты. Уый хыгъдæи лæппу дурын фидар разынд æмæ йыл йæ фыды æрдхорд тибаг номдзыд цуанон Биазыр йæхи ном сæвæрдта. Саби куы фæхъыртхъом, къæхтыл лæууыпхъом куы фæци, уæд æй йæ мадырвадæлтæ сæхимæ хъомыл ~кæнынмæ ахуыдтой. Йæ фæдыл джихæй кæсгæ баззад Тедейы уазал мæ- сыг. Дæйыхъæуы æрдзыхъæд мады æхсырау фæхæлар гыццыл Биазырæн æмæ саджы лæппынау йæ къабæзтæ аивæзта. Цу- махъом куы фæци, уæд æй йæ мадырвадæлтæ къахæй-къухмæ ног дарæсы сфæлыстой. Æд саргъ, æд идоп зыгъар бæх ып ба- лæвар кодтой, æмæ йæ Ходы йæ фыды уæзæгыл сæмбæлыи кодтой. Теде дæр æмæ Дзугко дæр сæ хъæбултимæ кæд хицæн къо- наты цардысты, уæддæр фæткмæ гæсгæ Хъайтыхъы бипонтыл нымад уыдысты æмæ сæ кæмæн куыд æмбæлд, афтæ сæ хис- тæрæн кæстæриуæг кодтой. Бипоптæй алкæмæн дæр, Хъайты- 19
хъы хæдзары арфдæр къуымы хъайвапы сæр æфснайд уыды- ’сты сæ карбарæн æлхуиæнгæс лæдзджытæ. Азы сæр-иу сæ би- нонты хистæр æриста, кардæй сыл-иу ныхæттæ сæвæрдта, æмæ- иу сæ хæзнайау сæ бынаты бафснайдта. Дзæгъæл æвналæн сæм нæ уыд, уæд дам къухтæ хæлмаг кодтой. Чи амардаид, уымæн та-иу æй уæлмæрдмæ ахастой æмæ-иу æй ингæны уæлæ басыгъ- той. Æрхæццæ басылтæгæнæн бон дæр. Хъайтыхъ дæр та йæ би- нонты карбарæнтæ æриста æмæ сыл ныхæттæ куыд æвæрдта, афтæ йæ йæ зæнæджы хистæр Тамарæ бафарста: — Дада, мæ лæдзæгыл та цал уыгарды ис? — Æвддæс, мæ хур, æвддæс,— фæлмæн бахудти фыд. — Биазырæн дæр? — бадис кодта чызг. — Хæйрæг дæ бахæра, Джеорджи æмæ Дзугкойæн фæйиæ æхсæрдæс уырынджы. Биазырæн та дыууадæс, бамбæрстай? Тамарæ сæгуытау феддæдуар æмæ кæрты йæ мад Дзе- раосæйæн раппæлыд: — Дытта, мæныл æвддæс азы’цæуы. — Æмæ, мæ къона, цæуыл цин кæныс, исты мын дæ кур- джытæ нæ кулдуар æрбатыдтой,— бахудти мад. Тамарæ фефсæрмы æмæ гаккуыристæгæнгæ Дзуккоты кæртмæ балыгъд. Цæмæй хæйрæг уыд, а-дыууæ боны йæм йæ амонды цæргæс кæй æртæхдзæн, уый. ÆНАХУЫР УАЗÆГ Зынаргъ чиныгкæсæг, цæй æмæ кæд нæма бафæлладта, уæд нæ хъуыдыты æпусты тары аныгъуылæм, æмæ иучысыл ра- загъды Куырттаты комы дæр пæхи аирхæфсæм. Хъæриуы хохы дæлбазырæй нæртон Хæмыцы хъох-дæндагау æрттивы Лæцы хъæу. Ам, ахстонæй чи нæма ратахт, ахæм цæр- гæсы лæппынтау сæ мæгуыр къæсы хъомыл кодтой Тæрæмоиы цыппар фырты: Хабæ, Едзо, Едзи æмæ Дула. Сæ цуанон фыд иу зымæгон бон Хъæриуы хохы айнæгæй ахауд æмæ комы рæ- бып ныххæррæгъ. Сæ ныййарæг мад нæ бафæрæзта. Хуыцауы æваст цæфæн æмæ уый дæр иу мæйы фæстæ йе ’нусон бынатыл сæмбæлд. Æрдæгфых цыппар кæрдзынау сидзæр лæппутæ баззады- сты сæ фыдымад Гыццийы æвджид. Урсдадали сылгоймаг æр- батымбыл кодта йæ цыбыр фæдджитæ, бафистæг кодта йæ фæл- лад цæигтæ æмæ йæ зæрдæйы хъармæй тавын байдыдта йæ сидзæрты. Лæппутæн се стыр мады фæндиаг сæ рæзыл бон уы- лынг æфтыд, æхсæв — уыдисн. Сæ фыдæй сын стыр хæзнайæн 20
цы фат æмæ æрдын баззад, бон-изæрмæ уыдонæй тæрхъустæ. ;\мæ хуыргæрчытыл сæхи ирхæфстой. Иуахæмы Лæцы хъæуы сæрвæты фæсивæд сæ арæхстдзинад дур æппарын æмæ фат æхсынæй æвзæрстой. Уалынмæ дын сæ сæрмæ арвы цъæхы цыдæр фыдбылызæн фæзынди цæргæс æмæ зилах’ар систа. Цы хæйрæджытæ ацардыдтаиккой Хабæйы. Хуы- цау йæ зонæг. Иæхи фæлæггæигæ æрдынбос аивæзта æмæ фат калмау æхситгæнгæ арвы талынгтæм сфардæг, фæлæ дзы мæргъты паддзах йæхи фæсайдта æмæ хъуахъгæнгæ Хъæриуы хохмæ сфардæг. Раст уыцы рæстæг лæппуты уæлхъус цæкуытæ хæргæ фев- ■ зæрд Хадыхъаты Хъази дæр æмæ — де знаг уыйау. Хабæйы фат уæларвæй сыфсыфгæнгæ æрыздæхт æмæ Хъазийы æлвыд тыл ныттыдта. Лæппу, мæгуырæг, йæ мидбынаты æнæхъыпп, æнæсыппæй æрхауд æмæ йыл бон-сихорафон йæ хуры хай ба- талыиг. Куыннæ ралæбурдтаиккой Хадыхъаты фæоивæд зæйау сæ туг исынмæ, фæлæ сын комы тыхджындæр лæгтæ фыдæлты æгъдау сæ размæ хохау æрæвæрдтой. Фыдбылыз æнæбары кæд æрцыд, уæддæр æгъдау æгъдау у æмæ Тæрæмоны фырттæ афæ- дзæй-афæдзмæ хъуамæ туджы фынгтæ æвæрой. Уыцы уæззау хъуыддаг сидзæрты бон кæй пæ бауыдзæн, уый алчи дæр зыдта æмæ сын уæд æыдæр коммæ фæлидзыны бар радтой. Гъе, афтæ Хабæ æмæ Едзо Дæргъæвсы комы Хъæнийы хъæу- бæстыл сæхи бафæдзæхстой. Дула куыстхъом кæй нæма уыди, уымæ гæсгæ йын йе стыр мадимæ (фыдымадимæ) цæрыны бар радтой йæ фыды уæзæгыл. Едзи та æрбафтыд Уæлладжыры коммæ æмæ йын фысым загъта, уæллаг Мызурон Сохиты Арæф. Хохаг хæдзары куыст кæддæриддæр къубалмæ, фæлæ-иу хаггай Едзи йæхи цуаны дæр аирхæфста. Иу фæззыгон бон та нæ цæф сырды фæдыл сæфтыди Ходы Саукоммæ. Уым æй сæ- гуыты фыдæй физопджытæ гæнгæ феййæфта Хъайтыхъ. — Чи куыдз, чи хæрæг, мæ зæххы сæрты цъиу атæхын куы- нæ уæнды, уæд ды чи дæ, ахæм бартæ дын чи радта?! — нæ- рыди Хъайтыхъы бæзджын хъæлæс. — Цы зæд, цы дуаг дæ, бахатыр кæн, æз хуыснæг нæ дæн, тыхгæнæг дæр афтæ. Кæд дын æнæбары исты фыдбылыз ра- кодтон, уæд ма дæ ноджыдæр хатыр курын,— рихиджын лæ- джы раз сахъ алæугæйæ фæзæгъы æнахуыр уазæг. Æнæзонгæ лæппуйы уæздан дзуапп, рæхснæг, хæрзконд уæнгты æвæрд тызмæг лæджы æрфгуыты æлхынцъ райхæлдтой æмæ йæ дæрзæг хъæлæс фæсойдзаст: — Чи дæ, уый ма мын зæгъ, ардæм дæ цы хур, цы къæвда æрхаста? 21
— Тæрæмоны фырт Едзи бæргæ дæн, хорз лæг, æрмæст уый дардыл дзуринаг у, фæлæ кæд мæгуыр лæгыл æрвæссыс, уæд табуафси, мæ физонæг’æй мын саход. — Бузныг, лæппу, дæ уæздаидзиыадæй. Кæй дæ, уыдонæн дзæбæхæй цæр. Æз та ацы бæсты хицау Хъайтыхъ дæн. Къул- бадæджы хуызæи мæм нæ кæсыс æмæ дæ цуры абаддзынæн. Лæппу фæцырд æмæ йын арты фарсмæ къодахæй бандои- гонд ацарæзта. — Дæ минас бирæ æмæ саг амар, фæлæ мын ныр дæхи куы фæбæлвырддæр кæшгс. Едзийы хъуыры здыйы къуьгбар цыма фæбадт, уыйау чы- сыл ахъус, стæй йæ къæхты бынæй арф сулæфыд æмæ сыпдæг- гай, хал халыл æвæргæ, куырыхон лæджы раз йæ царды уад- хост фæндаджы цъына амайып байдыдта. Гуыргъахъ, гакъон- макъон фæндаг куыд хæрдмæ цыд, афтæ Хъайтыхъы цæнгæт буар спсбыитæ æвæрдта. Йæ цæстыты раз Пахсæны тохы бы- дыры рыг сьгстад æмæ йæ хъæддых уæнгтаг цъæх арт суагътой. Суагъта Едзи йæ тыппыртæ, æмæ нæ тугæрхæм бæндæны кæрон куы балхынцъ кодта, уæд йæ фæтæн уæхскыл Хъайтыхъы уæззау къух æрæнцад: — Уæллæгъи, Тæрæмоны фырт, мæ зæронд хъæдгом мын фæрæхуыстай. Хуыцау дæ мæнмæ дзæгъæлы нæ сардыдта. Нæ хъысмæттæ фаззоп æфсымæртау æмхуызон сты æмæ цом, нæ цæхх, нæ къæбæрæй ньин саход. Дарвазы былмæ цыма зæд æртахт, афтæ сбуц кодтой Хъай- тыхътæ сæ уазæджы. Дыккаг бон куы афæндараст, уæд сисау- уонæй Тамарæ йæ фæдыл каст æмæ йæхицæн къуырттагур бæ- лонау къуыр-къуыр кодта: — Уæ, дæ мад амæла, цы лæппу дæ, арвы Уациллайау мын мæ уд немæ фæхæссы... Едзи дæр фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæигæ цыд. Цыма дзы цыдæр хæзпа ферох, уыйау æй йæ къæхтæ размæ пал хастой. Уыцы изæр Едзи йæ фæстаг балцы хабæрттæ къахæй-къух- мæ нæ фысымæп радзырдта æмæ пæ фæстагмæ бафарста: — Цымæ æпæ удæй цæрæп ис? .— Уæууа, гормон, уый та цы хопыс, æнæ удæй дур дæр мард у. — Уæдæ дæм æз дæр Ходæй мæ бутъыро æрхастоп, мæ уд уым баззадп æмæ лæгæн иал бæззын. Едзийы хъынцъым Арæф йæхирдыгонау бамбæрста æмæ йæ куырйс рихитæ асхъаугæ бафпппайдта: — Мæ хъустыл æрцыд, цыма Хъайтыхъ æмæ Теде Ходмя* кæйдæрты цæрынмæ хоиынц. 22
Бон фарн хæссы, фарнæй та амонд кæсы. К/ъуыри дæр нал ныббыхсыдта Едзи æмæ иу хуыцаубон Хъайтыхъы граз йæ зон- гуытыл æрлæууыд: — Ской æри у, æри та тыхми, уый хорз æмбарын, фæлæ мын ацы уысм кард мæ зæрдæйы ныссадз, кæнæ мæ дæ хъæук- каг бакæ... — Гъæ, куыд дын амардтæи, уæздан куырттатаг. Мæ уд дæр ма дæ фæхъау. Никуы фехъуыстай, хъæд сырдæйных- джын, хъæу лæгæй тыхджын. Рацу, мæ хур, равзар дæхицæп цæрæнбынат. Йæ сынæгдæм чи бадара, уыдон та мах. Гъе, афтæ Едзи хин рувасау Хъайтыхъты бæрæчеттон къæ- бицмæ йæхи баласта æмæ дзы рæбинаг куы сси, уæд Тамарæи- \:æ сæ удтæ баиу сты. Арф уидæгтæ ауагътой Ходы дзыхъы Едзи æмæ Тамарæ. Ныссагътой дзы сызгъæрин тала æмæ дзы мыггаджы бæлас æрзад. ИРОН БИНОНТÆ Æвæдза рæстæг ивылд донау чердæм фессæнддзæн, уый бæ- ^æг нæй. Хатгай та йæхи Битъыры хъазау ауадзы æмæ сындæг- гай йæ къанауы ленк кæны. Фæлæ йыл уæддæр, сабыр малы хæйрæг бады, зæгъгæ, æууæнк нæй. Тыхы ныхмæ тых æрæвæрын хъæуы. Теде æмæ Хъайтыхъ дæр агуырдтой хъаруджын, æууæнкджып лæгтæ. Сæ лымæпты, сæ зонгæты лыстæг сасирæй фæлуæрстой, уырзæй сæ лæмбы- нæг фесгæрстой æмæ уæд Ходмæ цæрынмæ æрхуыдтой: Ды- гургомæй — Гатейы, Асыйæ — Созай æмæ Саухалы, Луары хъæуæй—Джерджийы. Уыдонæй алчи дæр Ходы фæйнæ къуыл- дымыл аппæрста билцъдзаст нæмыг æмæ дын Хуыцау ахæм хорз авæра, цоты бын фесты. Уæд цард мыггаггай уыд, æмæ сæдæ бинойнаджы цы хæдзары уыдаид, уыдои дæр мыд æмæ мыдадзау æнгом, æмзонд уыдысты. Мыдыбындзыты æлдарау бипонты сæргълæууæг, уынаффæгæнæг хистæр зæропд лæджы кад Хуыцауы кады æмвæз уыд. Йæ иыхас — карды цъыккау, дыууæ зæгъæн ыл пæ уыди. Дæхн доны багæлдз, зæгъгæ, куы .загътаид, уæддæр фæстиат ничи фæуыдаид. Райсомы куыстытæн уыиаффæ кодтой изæрæй. Абон сара- зæн цы хъуыддагæн ис, уый сомбопмæ не ’ргъæвтой. Æвзæры æвзæр хуыдтой, æгъдаухалæг чифæнды куы уыдаид, уæддæр ыц иæ барстой. Цæмæй къутуйы дзаг мыггаджы хор ма бамбийа, уый тыххæй йын йæ сахъат гагатæ æнæвгъауæй æхсæдгæ код- той.’Сæдæаздзыд хистæрæн дæр йæ бартæм кæй ничи ныхылд- 23
та, кæстæртæ йын æнувыдæй лæггад кæй кодтой, æвæццæгæк уый уыди дæргъвæтин цæрæнбонты сусæгтæй иу. Ирон хæдзары сылгоймаг хистæр та хуыйны æфсин. Уый уыдис хойрæгтæ æфснайæн къæбицы хицау æмæ, йæ дæле сæдæ чызджы, сæдæ ’чындзы куы уыдаид, уæддæр æфсины æвастæй къæбицмæ бахизыны бар никæмæн уыд. Алы къух кæдæм хæц- цæ кæна, уым ад нæй, бæркад та дзы лидзгæ кæны. Иæ къух- тæ кæмæн нæ фæлæууыдаиккой, ууыл та-иу хуыснæг æмæ сусæг- хоры ном сбадт. Ахæм номхæссæг та адæмы цæсты цъыфы зул- къæй æгаддæр уыд. Цæмæй сын æддагæттæ фидис ма кæной, уый тыххæй се ’взæры æмбæхсын дæр зыдтой. Нæ фыдæлтæ кадыл мæлæг уыдысты æмæ алчи дæр фау æрхæссынæй хъа- хъæдта йæ хæдзар, йæ сых, йæ хъæу, йæ ком. Алчи дæр архайд- та, йæхицæй сæрæндæр, номдзыддæр лымæнтæ дарыныл. Уæдæ, зынаргъ чиныгкæсæг, зивæджы мад мæгуыр у, фæ- зæгъынц, фæлæ Ксурты хъæу Ходмæ тынг дард нæу, æмæ йæ абæрæг кæнæм. Уæлладжыры комæн йæ хуссарварс, Ксурты хъæуы сæрмæ Урс хохы бæрзонд гуыбынæй уæйыджы бикъау зыны Сæхуы- джы лæгæт. Ардæм кæцæй сæфтыд æмæ йæ бинонты къорди- мæ ацы зынвадат лæгæты цæмæн æрфысым кодта, уыцы) сусæг- дзинад Ксурты хъæды зæронд къодахы бын раджы бамбыд. Йæ таурæгъæй нæм цы цыбыр скъуыддзæгтæ æрхæццæ, уыдонæн сæ ахсджиагдæр Ходимæ баст у æмæ сын æнæ зæгъгæ нæй. Ксурты хъæуккаг Дзиу, зæгъгæ, уæзхъус зæронд лæг сæ кæрты къодахыл бадгæ лулæ пъæртт кодта, æмæ дæлæмæ, ко- мырдæм фæлгæсыд. Фæззыгон уддзæф ын йæ сæгъдзарм худ æмæ йзе къæрит кæрцы лæгуын æфцæгготы æрдутæ фаста. Раст уыцы рæстæг уæлбылты саджы мардимæ æрбацæйцыд Сæхуыг æмæ, зæронд лæгыл йæ цæст куы ’рхæцыд, уæд дурыл æрæи- цад æмæ йæм дзуры: — Уæ, дæлæ лæг, мæнæ де ’мбæлæггаджы хаймæ ма фæ- зивæг кæ! Фæлæ уæйыджы хъусы уадау, зæронд Дзиу æнцад йæ бы- наты бадти æмæ хъæбæр тамакойы фæздæг йæ сæрмæ фæл- гуыртæй уагъта. — Æвæццæгæи, къуырма лæг у,— ахъуыды кодта Сæхуыг æмæ йын йæ лулæмæ фатæй ныхъхъавыд. Фæцыди къæрцц. Фæздæгдзон Дзиуы дзыхæй фесхъиудта уæдæ цы уыдаид. — Гуыбынниз дæ бахæрæд, мæныйас дур дæ æркъуырæд! — загъд замапайыл схæцыди зæронд лæг. — Цы та кодтай, баба? — агъуьгстæй йæм разгъордтой йе ’ртæ фырты, фæлæ сæм уæлæрдыгæй фехситт кодта Сæхуыг æмæ йæ уæлхъус алæууыдысты. 24
— Цуанæтты æгъдаумæ гæсгæ айсут уе ’мбæлæггаг,— са- джы фæстаг агъд ахауын кæнгæйæ фæзæгъы Сæхуыг. Лæппу- тæ йын арфæтæ куы ракодтой, уæд сæ цуанон лæмбынæг æр- фарста хъæуы бонджындæр æмæ мæгуырдæр цæрджытæй. Уый уыди Сæхуыджы фыццаг фембæлд уымы цæрджытимæ. АВДÆЙ ТУДЖДЖЫН Æмæ цынæ хуызы фæлвæрдта Сæхуыг Ксурты зæхджыптыг цыиæ æвзагæй сæм бауасыд, фæлæ бирæгъы дзыхæй фыдыз- гъæлы комдзаг кæд æрхаудзæн. Гæнæн æмæ мадзал куы нал уыд, уæд Сæхуыг хъæды иу дзæбæх æрдуз ссыгъдæг кодта æмее- йæм иу ахæмы тулдз мæцъисæй къахыпмæ бавнæлдта. Баска- ты мыггаджы тæвдтуг фæсивæд дын уый базыдтой цы — лæгæв- зæрстæй йæ уæлхъус алæууыдысты æмæ дзы хыл ракъахтой. Сардзин æмæ æрдæджы дæргъæн лæгæн йæ сæры пырх куы акалд, уæд смæсты, æмæ йæ мæцъис сæрра. Хыл бирæ нал ахаста. Лæбурджытæ се ’мбæлттæй æртæйы ног къахт зæххыл мардæй фæуагътой, сæхæдæг лидзæг фестьь Æнамонд хабарæй Ксурты хъæд ныззыр-зыр кодта. Урс хох цæф галау иыхъхъæрзыдта. . Фæдисон мигъ хъынцъымгæнгæ* кæцæйдæр февзæрд æмæ йæ хæлын сау фæдджийæ мæрдты цæсгæмттæ æрæхгæдта. Арвы цæссыг фемæхст. Тугисджытæ сусæгæй æргомæй лæбурдтой Сæхуыджы лæ- гæтмæ, фæлæ йæм схизын сæ бон нæ бацн, афтæмæй ма ноджы- дæр сæ мæрдтыл цыппар бафтыд. Уæддæр Баскатæ сæ тудж- джыны фæдыл аууонау зылдысты, фæлæ сæ уый йæхи хъахъæд- та. Цæфмæ дæр ыл-иу бæргæ фембæлдысты, фæлæ Бидасы худ. æмæ, Церечы хæдоны чи райгуырд, уый нæдæр кард карста, нæдæр дзы фат хызти, афтæмæй карз рæстæг къуыриты, мæй- ты, азты æд хъуын, æд хъис хæргæ цыд. Цыфæндыйæ дæр иу къахæй зæххыл лæууын зып у æмæ Сæхуыг дæр тымыгъ боп йæхи кæуыл банцой кодтаид, ахæм æмбæлттæ агуырдта. САУГЪÆД К-ъæбæрыл пæ базыртæ ис, иæ къæхтæ. Дзыхмæ йæхæдæг нæ цæуы, мадзал кæпын æй хъæуы. Сæхуыг дæр æнцой иæ зыд- та. Цæргæсау цæуæнты, хæтæнты зылдп æмæ йæ арм цæмæ æх- хæст, уыдон йæ лæгæтмæ æнтой кодта. Уым æм комхæл«гуæн æдзухдæр æнхъæлмæ кастысты йæ цыппар хъæбулы: Маккæ, Толпар, Золо, Цæрæк æмæ сæ мад. 25
Дзурыиц, зæгъгæ, дам сын цыппæрæймаг лæппу Кæсæджы ’бæстæ Черекæй æрхæссæггаг уыди æмæ иронау йæ ном Цæрæ- кæй баззади. Фæлæ цы уыди, уæддæр Сæхуыг авд туджы дард- та, æмæ йæ цард авд хатты кæд фæзындæр, уæддæр йæ сусæг •фæндæгтыл цъæх хъуына не ’рхæцыд. Æвæдза Саугъæд аргъæутты бæстæ у. Ходы æфцæгæй йæм куы ныккæсай, уæд ыл Сау денджызау адæймаджы цæст не ^ххæссы. Æнусон бæлæстæ арвыл ныдзæвынц. Цыппар, фондз лæджы сын сæ зæнгтыл не ’рбаххæсдзысты. Алыхуызон ставд æмæ лыстæг гагадыргъæй бæстæ — зери. Кæмтты æхсыргуыр цæугæдæттæ хæл-хæлгæнгæ згъорынц. Фæхстæй æнæнымæц хъуымыздзых саудæттæ лæдæрсынц. Кæрдæгджын фæзты æнæ- бын малтæ кæфы цæстытау æрттивынц. Æмæ цынæхуызон цæ- рæгой фенæн уыд ам. Суанг хъæддаг лæгæй, сыкъаджын дом- байæ, æстдæссион сагæй тæрхъусы онг. Уымæй дæр стæмтæ нæ, фæлæ сæдæгай дзугтæ. Ам-иу Æфсати арæх суазæг кодта Сæ- хуыджы æмæ цыма йæ хæрæфырт уыд, уыйау æй æнæ стыр хуын никуы ауагъта. УÆРДÆСАЙЫ КÆУЫН Уыцы дуджы мæгуыр лæджы удыл хæцæг Æфсати уыди. Фæззæджы æлвыиæнафон дæр та æрхæццæ, æмæ алчи мыстау йæ рæбынты æвæрæнтæ кодта. Æфсати дæр та Сæхуыджы сы- къаджын дыууæ домбайы фæдыл бафтыдта. Æртæ боны сæ ’фæдыл гурæй-гурмæ, хъуызгæ, къахихсыд баци, фæлæ сырд смудтæй тынг æнкъараг у æмæ фыдбылызæй сæхи дæрдты лас- той. Фæлæ хох чи афæлдахы, лæджы уыцы зондæн цы быхсы. Дыууæ сырдæй иу цуаноны хинæвæрд къæппæджы бахауд, æмæ йæ куыддæр Сæхуыг æрфæлдæхта, афтæ иу дыпджыр хъамбул- джып, хъуынджын лæг йæ уæлхъус хæйрæгау февзæрд. Куыд æмйæлд, афтæ арфæ ракæныны фæстæ йæ дынджыр дзæмбыйæ сырды фæстаг къахыл æрхæцыд æмæ йæ арсы хъæлæс рай- хъуыст: — Æмбæлæггаджы хайæ ницы зæгъыс? — Ай æмбалæн кæй агурын, ахæмы каст кæны,— ахъуыды кодта Сæхуыг æмæ йæ дисгæнгæ афарста: — Дæ хорзæхæй чи дæ, кæцæй фæзындтæ?! Æнахуыр лæг схуыфæгау кодта: — Хъыххы, хъыххы... Æз, æз Ходон. Гатейы хæдзарæй Уæр- дæса бæргæ дæн. Дыууиссæдз æххормаг дзыхы мæм æнхъæл- мæ1 кæсы æмæ... — Уанцон нæу, мæнæн фондз удгоймаджы дарын мæ бон куынæ у! — бадис кодта Сæхуыг æмæ фæнд кодта Уæрдæсайы хъару ракъахын: :26
— Уæдæ афтæ, Ходон, дыууиссæдз гуыбынæн æрæвæрын хъæуы. Æмæ æнæрынцайгæйæ мæнæ кусарты фæстаг æмбис Ходы æфцæгмæ кæд сфæразай, уæд дын ард хæрып: сырды мард æнæхъæнæй — дæу. Уæрдæсайы хъуынджын цæсгом фæрухс. Нымæтхуды хæр- рæгъ йæ дынджыр сæрыл фæарфдæр кодта, сæхъис бæндæны уадздзагæй йæ астæутæ æнгомдæр æрбалвæста, æфцæджы Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста æмæ йæ уаргъыл схæцыд. Хæхбæсты ардуаны хуызæп дæрзæг къахвæндæгтыл афтид хордзентæ хæссын дæр зын у, фæлæ хæдзармæ уæз нæй, фæ- .зæгъынц. Схæрд кодта Уæрдæса, бæх дæр цалдæр хатты кæм æрлæууы, уыцы гуыбыны хæрды. йæ фæдыл æд уаргъ гурæй- гурмæ тыпдзы Сæхуыг дæр, уæдæ цы уыдаид. Цæуыиц, цæуыпц æмæ сыл сахатдзыд фæндаг афæдзау ныддаргъ. Цæуынц уæд- дæр дыууæ уæйыг лæджы æмæ сæ уæргътæ уæззауæй-уæззау- дæр кæнынц. Цæуынц уæддæр схæц-ныххæцгæнгæ дыууæ лæ- джы æмæ сæ хиды фынчытæ къоппæй кæлынц. Тындзы размæ Уæрдæса, йæ уæхсчытæ æндзыг кæнынц, йæ уæрджытæ дудынц, хиды цæхджын дон ын йæ галцæстытæ къахы, фæлæ йæм дыу- уиссæдз дзыхы æнхъæлмæ кæсынц æмæ быхсы. Сæхуыджы дæр цыма Баскаты тугисджытæ фæсте сырдтой, уыйау йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ. «Æрлæуу, Уæрдæса, амбылд- тай, зæгъгæ-иу хъæр йæ былалгъыл абадт, фæлæ йæ састы бы- иаты æрлæууын пæ фæндыд æмæ-иу тæвд картоф аиыхъуырæ- гау йæ хъуыр ахгæдта. Хырыз мигъ йæ хæлын базыртæ хæхтыл æруагъта æмæ цуа- ионы цæст йæ развæндаг дзæбæх нал ахста. Ноджы ма Ходы æфцæгæн фондзысеæдз къахдзæфы æддæдæр, фаззон æфсымæ- рау цы халдих рагъ уыди, уый фырцинæй Уæрдæсайæ ферох, :^мæ уым йæ уæззау уаргъимæ æрæнцад. йæ фарсмæ хæсту- лæфтгæнгæ Сæхуыг дæр æрæнцад æмæ, цалыпмæ дыууæ лæ- джы сæ цæстытæ асхъау-асхъау кодтой, уæдмæ мигъ саст ба- зыр халонау йæ фазыл Къæбицты коммæ абырыд. Бопы цæст расыгъдæг, æмæ та тызмæг хæхты дурын æфсæртæ дæр галы стæгдар сæры дзопыгътау ферттывтой. — Ха-ха-ха, мæ лымæн, ныр ма уæртæ Ходы æфцæгмæ бауа- йын хъæуы,— йе ’мбалы фæтæн уæхск æрхойгæйæ, пыккæл-кæл кодта Сæхуыг. Куыннæ ауазал уыдаид Уæрдæсайы буар... Фестад æмæ, цыма йæ бинонты хуыздæры мард æфцæгæй разынд, уыйау ныккуыдта: — Уæ куырм бауат, цы цæстытæ стут, цæмæн мæ фæсайд- тат!.. 27
«Ацы лæджы тæригъæд мæ нæ хъæуы»,— ахъуыды кодта Сæхуыг æмæ та йын йе уæхск æрхойгæйæ фæзæгъы: — Дзæгъæлы дæхи ма ’фхæр, мæ лымæн. Дæ уаргъ ма дыу- уæ уыйбæрцы кæй ахастаис, уый дæр мæ уырпы, гъемæ дын сырды мард æнæхъæнæй дæр хæлар уæд. Хæссынмæ дæр дæм фæкæсдзынæн. «Цымæ ацы хуыцауысконд лæджы хорздзинад æз та кæд цæмæй бафиддзынæн»,— ферттывтой Уæрдæсайы æнæхин цæс- тытæ æмæ Сæхуыджы арм райсгæйæ фæзæгъы: — Ды мæ Уастырджийы хай дæ. Цом мæ хæдзармæ, ку- сарт дын нæ акæндзынæн, фæлæ дын дæхн сойæ дæ былтæ байсæрддзынæн. — Разы дæн, Уæрдæса, фæнды мæ утæппæт бинонты фе- нын,— фæзæгъы Сахуыг, æмæ та дыууæ уæйыг лæджы сæ уæргътæ раккой кодтой. Афтæ балымæн сты дыууæ цуаноны æмæ тæрхъус марынмæ дæр æнæ кæрæдзи нал цыдысты. Ходы æфцæгæй чысыл æддæдæр рагъ та уæдæй фæстæмæ хуыйны «Уæрдæсайы кæуæн». ХОДОН ЛЫМÆН ÆМÆ ЦЪÆЙЙАГ КАИС Фыдуаг рæстæг æртæ азмæ цал лауызы афæлдæхта, Хуыцау зоны, фæлæ уæдмæ Уæрдæса æмæ Сæхуыджы лымæндзинад афтæ хъæбæр сфыхти афтæ, æмæ йæ асæттынмæ Баскаты мæст- джын мыггаг дæр сæ иыфс нал хастой. Фæлæ сæ уæддæр фы- дæлты карз æгъдау хуыссын пæ уагъта. Аннæмæй та сæм сы- хаг адæмтæ мигъдзæстæй кæсын байдыдтой, фидисы къуыба- рæппарæн сыл кодтой æмæ тугисджытæн сæ масты дзæкъул рæсыди: — Гъей, мæ сахъ цæргæстæ, уыцы арсы мыггагæи куы ни- цы æрхъуыды кæнæм, уæд нын лæгæй-лæгмæ тохы нæ мыггаг скуынæг кæндзæн. Уæлдайдæр’та фыдгулы дзырддаг йæ ходон æмбалимæ фæуа,— батыхсти, мыггаджы хистæр Бæрæзг. Бирæ уынаффæты фæстæ Баскатæ фæхæст сты цъæййаг рувасы ды- мæгыл æмæ скарстой: уый хъуамæ аскъуына Сæхуыджы азд уды Уæрдæсаны æфсæи дзæмбытæй. Цæ’зиттон, Цъæйы комы Хуыкъалыйы хъæуккаг, Мæрзойтæй Мыст зæгъгæ, Уæрдæсайы усы ’фсымæр уыдн. Уый йæ хопы бæрæггæнæг Ходмæ арæх цыди. Мыст уыди йæ помы аггаг лæг. Йе ’рвадæлтæ йæ мæнгæн нæ хуыдтой, хæлæг æмæ хæлæгæи м’ард рувас, Хин æмæ кæлæптæй дзаг иблис. Гъе, уый дымæ- гыл фæхæст сты Баскатæ æмæ йын цалынмæ йæ царм зыгъуым- мæ афæлдæхтой, уæдмæ йæ уæгъд нал суагътой. Сæ сусæг 28
фембæлæн бынат уыди Садоны дон, Æрыдонимæ кæм фæиу вæййы, уым къæдзæхы аууон фæзы, Хорз æй куы срæгъæд код- той, уæд ын иуахæмы сæ кæлæнты дзæкъул райхæлдтой. Бас- каты Бæрæзг ын йæ хъусы мыдыбындзау бадыв-дыв кодта: — Кæд дæ, мæ хур, æдсаргъ, æдидон бæх хъæуы — нæ дын язй бавгъау кæндзыстæм. Кæд дæ æрдхорд æфсымæртæ хъæуы — цины дæр, хъыджы дæр дæ уæлхъус уыдзыстæм. — Омæ, Бæрæзг, куыдæй? Уæрдæса мæ куы бамбара, уæд мын мæ сæр цъиуы къубалау атондзæн,— фæтыхсти Мыст æмæ йæ фæсхъус пыхгæ зæхмæ ныккаст. — Уый зын нæу,— хъинцгæнаг уæрдоны сæмæн догътæй сæрдæгау загъта Бæрæзг.— Баздæх æмæ цыма Сæхуыг дæ хойы холлагдоны ахсынмæ хъавыд, афтæ йыл æрымыс. — Мæ сыгъдæгзæрдæ хойыл? Уаицон иæу! — ферттывтой Мысты къуырф цæстытæ, æмæ бæгуылæгау йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд. — Æндæр хуыздæр хос нæй, мæ хæлар, науæд дын сидзæр- гæсæй куы аззайа, уæд-иу мæ дæлеты рауай! — фæтызмæг Бæ- рæзджы хъæлæс. — Хорз уæдæ, æз разы дæн,— гæдыйы дзæмбытæм бахауæг мыстау сцъис-цъис кодта Мæрзойы-фырт, æмæ Бæрæзджы къух райста. Тугисæджы сау цæсгом фæирддæр æмæ къаннæг тыхтон Мы- сты къухы ныссадзгæйæ фæзæгъы: — Ам ис кæлæнгонд æвзист айдæн æмæ сыкъа сæрвасæн. Уыдоыæй ды хъуамæ фæдзæгъæл кæиай Уæрдæсайы цæхæр цæстытæ. Уый нæ, уæд дæ мæгуыр хо йæ дыууадæс сабийæн сидзæргæсæй баззайдзæн. — Уый дын мæ быгъдуап,— тыхтоп йæ роны атъыста Мыст, фæлæ ныхас ууыл нæ фæци. — Уæдæ кæд афтæ у,— фæзæгъы Бæрæзг,— уæд мын æх- хæст æууæнчы дзырд радт. — Уæ Хуыцауты Хуыцау, абон дæ разы Баскатæн дзырд радтон, æмæ сæ куы фæсайон, уæд-иу мæ дæ фыдæх уæд! Уæ Цъæйы Реком, ацы сусæгвæнд дуры гуыбынмæ дæр нскæд куы бадзурон, уæд-иу дæ ард мæ фæдыл бафтæд, мæ мард-иу сын- тытæн хъазинаг фæуæд! — худаистæй ард бахордта Мыст, æмæ уыйадыл сæ кæрæдзийы Уастырджийыл бафæдзæхстой. Мыст Ходы йæ хойы хæдзары æрфысым кодта æмæ иуахæ- мы, фадат ын куы фæци, уæд йæ маргæйдзаг æвзаг раласта: — Уæллæй ме сиахс, бахатыр кæн, фæлæ дæ лымæн цыдæр цъаммар лæг у... — Цæмæн дæм афтæ кæсы, мæ каис? — мæхъийы фæрсхъус бийыи фæуадзгæ афарста Уæрдæса. 29
— Ау, æмæ йыл ды ницæмæй гуырысхо кæныс? — æнтъæрд рувас йæ хуынкъæй фæстæмæ куы ракæса, уыйау йæ цыргъ- бырынкъ фæхъил кодта Мыст. — Дæ ныхас ма фæбæлвырддæр кæн,— зæгъгæ, йæм фæ- зылд Уæрдæса, фæлæ цыдæр æфсонæй уый йæхи фæтылиф код- та, æмæ уыцы бон ууыл сæ ныхас аскъуыд. Мыст хæлуарæгау йæ хипты æндæхтæ Гатейы фыртыл тых- та æмæ тыхта. Йæ хойы дæр æд хистæр фырт Хуыкъалымæ ар- вьтста. æмæ та йæ хъæстæ æвзаг раппæрста: — А фæстаг бонты дæм дæ лымæн цыдæр æрæгмæ зыны? — Саугъæдмæ цуаны цæуæм æмæ йæ сомæхсæв ардæм хъæ- уы, фæлæ йыл цымæ цæмæй дæ зæрдæ худы? — афарста Уæр- дæса. «Агъа, уæдæ афон у»,— ахъуыды кодта хуыкъалиаг рувас æмæ афтæ зæгъы: — Мæгъа, йед у... Фæлæ йæ æз дæ бынаты ме ’мгæрæтты чæр не ’руадзин. — Ау, цы хабар у? — фестъæлфыд Уæрдæса. — Цыдæр сылваз лæг у, айфыццаг холлагдоны мæ хойы гл’.синаг уыд, фæлæ... — Цытæ дзурыс уый! — фæбогъ кодта Уæрдæса, æмæ йæ цæстытæ сасиры чъилыйæстæ аисты. Мыст адæргæй мыстыйас дæр нал уыди: — Мæ-æпæ а-ацы би-ибитæй ба-алхæ-æнынмæ хъа-авыди мæ хойы, фæ-æлæ йын сæ и-иуварс фехста... Æ-æз цæ-æм ка-ауы зыхъырæй ка-астæи,— айдæн æмæ сæрвасæн Уæрдæсамæ ба- дæтгæйæ ныкъкъæзæнæг рувас. Уæрдæсайыл цыма хох рафæлдæхт, цыма зæхх йæ бынаты ныттыдта, уыйау дзы хуызы цъыртт нал аззад. Йæ риуы иннæр- дæ’м джебогъ куы ахызтаид, уæддæр дзы туджы æртах нæ ра- хъардтаид. Æрæджиау арф ныуулæфгæйæ саст хъæлæсæй Мы- сты бафарста: — Бинонтæй искæй хъустыл æрцыди? Мыст адæргæй сæтæлæджы зулкъау йæ хъузджы бампылд æмæ фæтагъд кодта: — Нæ, .мæхицæй уæлдай йæ мæ хо дæр нæ зоны. — Уæдæ уал дæ пъирийыл фæхæц,— ныккæрзыдта Уæрдæ- са æмæ, цыма йæ уд йæ мидæг нал уыд, уыйау сыитæджы йæхи дæлгоммæ ауагъта. Зæрдæ риуы фæйнæг дзæккорæй хоста. Дæндæгтæ къухы фыдтæм лæбурдтой. Мысты тарст хъæлæс хъусты цъыс-цъыс кодта «мæ хо дæр æй нæ зоны», «мæ хо дæр æй нæ зоны»... Ау, кæд æм исчи пыхылдта, йæ къухæй йын айдæн æмæ сæрвасæн акъуырдта, уæд æй куыд нæ зоны,— сдызæрдыг Уæрдæса. 30
Изæрæй Мыст йæхи радав-бадав кæнын байдыдта, стæй Уæр~- дæсайы бæхæн дон дарыны æфсон мидæггаг Донгомы бамидæг. Уым æм æнхъæлмæ кастысты Баскаты тугисджытæ æмæ сын раппæлыд: — Сомæхсæв Сæхуыджы ардæм хъæуы. Уæлæ Цъисоиы ра- гъæй уæ хъус дардзыстут. Кæд æй Уæрдæса нæ афæлдаха, уæд( æз хъæдын цырагъ тилгæ йæ фæдыл рацæудзынæн, æмæ — уæ лæджыхъæд æмæ уæхæдæп Дыккаг æхсæв, ныхас куыд уыдысты, афтæ Сæхуыг Ходы хъæугæрон, мусуаты йæ бæхæй æрхызт æмæ уыгау æртæ хат- ты «Уæ-у-уу, у-уу, у-уу», зæгъгæ, ныууасыд. «Амарин æй æмæ куы фæрæдийон»,— кæрты йæ къухы фыд- тæ ’хсынгæ скатай Уæрдæса. Сæхуыгæн дзуапдæттæг куынæ^ уыд, уæд та уыджы уаст сфæзмыдта, фæлæ Гатеты уæзæгæй дзуапдæттæг нæ уыд. Æрмæст æрдзы сабырдзинад хæлдтой. Ходы хъæхъаг куыйтæ. Мыст цыма йæ сиахсыл тынг тыхсы, уыйау Уæрдæсайы къæхты бын рувасау цъыллинджытæ кодта æмæ йын хинты сау тæбын æндæхтæ йæ къæхтыл æнгомæй- æнгомдæр тыхта. «Нæ, ме ’фсинмæ банхъæлмæ кæсон»,— скар- ста Уæрдæса æмæ Мыстæп афтæ: — Уый, уыджы уасын нæу, Сæхуыг мæнмæ сиды. Кæд Му- суатмæ ауæыддзынæ, уæд цу æмæ йын мæ номæй зæгъ, нæфæ- разгæ дæн, фæлæ мæ, зæгъ, иннæ къуыри абæрæг кæндзынæ. «Хъуыддæгтæ фæндоныл цæуынц»,— куыннæ æрныкъуылд- таид Мæрзойты иблис йæ цæст йæхимæ, æмæ чысыл фæстæдæр- Сæхуыджы уæлхъус хæйрæгау февзæргæйæ ралæхурдта: — Æз дæу нæ федтон, ды та мæн... Хъусыс, знои дæ Уæр- дæса Баскатæн ныууæй кодта, фæлæ ныр дæ сæрæн цы зоныс, уый кæн,— æмæ куыд æнæнхъæлæджы фæзынд, афтæ та фæ- тары. «Ахæм мæнгард ми бакæндзæн Уæрдæса, уый æнхъæл ын пæ уыдтæн»,— æрвдзæфау фæци Сæхуыг æмæ сæргуыбыр, уæн- тæхъилæй, йæ фæд, йæ фæд фæстæмæ араст. Раст уыцы рæстæг Гатеты кæртæй ферттывтой нæзы цырагъы дыууæ рухсы æмæ Цъисоны рагъыл Баскатæ дыууадæс барæ- гæй сæхи ахъаззаджы тохмæ æрцæттæ кодтой. «Æууæнк кæм нал ис, уыцы цард гæбæр хъулы аргъ дæр пал у, фæлæ мæ зæнæг... Кæуыл ма сæ бафæдзæхсон»,— афтæ сагъæсгæнгæ Сæхуыг Цъисоны рагъмæ куы схæццæ, уæд фæй- пæрдыгæй йе знæгты хъæр райхъуыст: — Ам дæ ныр джиауыр! Дæ гæрзтæ æрæвæр! — Лæг марын мæм нал цæуы, Баскатæ, фæлæ куы бавна- лат, уæд уыи хуыздæр нæ уыдзæн. Фæлтау мæ разæй хъæумæ ацæут, æмæ уын Хуыцауæй сомы кæнын, ард уын хæрын, уым уæм мæхи ратдзыпæн. 31
Уыцы рæстæджы лæгау-лæджы иыхасыл æууæнк уыд, æмæ Баскатæ дæр сæ туджджыны карз сомыйыл баууæндыдьгсты. - Мызурварсы хъæутæм фæззыгон бон йæ бур цæстытæй ра- каст, фæлæ нæлгоймæгтæй йæ куыстмæ ничи тындзыдта. Бас- катæ дам сæ туджджыны архъанæй æрластой, азæлыдысты хæхтæ æмæ цымыдис адæм Ксурты Ныхасмæ зæйау анкъуысы- дысты. Хур дæр йæ зæрин тынтæ æрбассывта æмæ тардзæсгом хæхтæ æнкъардæй лæугæ Ксурты хъæумæ кастысты. Чи зоны, Сæхуыджы цыппар æнахъом фыртыл уыд сæ мæт, сæ сагъæс. Фыдæлты карз æгъдæуттæ Хуыцауы раз Баскатæи дæр æваст ми бакæныны бар нæ радтой. Æнæтуг, æнæуæздан нæ разын- .дысты, æмæ сæ хъаст комы тæрхоны лæгты раз æрæвæрдтой. Сæхуыг йæ сæр ныллæг не ’руагъта. Аххосджыны бынаты дурын лæгау лæугæ, цы æрдзы уыидæй нæ бафсæст, уымæй фæстаджы мондæгтæ уагъта. «Ахæм къæдзæх лæг мæлæтæн æвгъау бæргæ у, фæлæ йын Уастырджи дæр нал баххуыс кæндзæн. Æгæр тæригъæдджын у»,— нырхæндæг тæрхоны лæгты хистæр Магкоты Кæку æмæ дæрзæг къухæй йæ цæссыг асæрфгæйæ туджджыны бафарста: — Уæ, Хуыцау кæй ралгъыста, уыцы Сæхуыг... Дæ ипгæны •сау къæсæрыл æрлæууыдтæ æмæ кæд исты фæдзæхсыс? Сæхуыг йæ фæтæн уæхсчытæ фæйнæрдæм айсгæйæ сæры- стырæй фæзæгъы: — Бахатыр кæнут, Иры дзыллæтæ. Хуыцау æвдисæн, æз мæ лæгæтæй лæг марыимæ мæ къах никуы райстон... Фæлæ цы ’рцыди, уый æрцыди. Мæ аххосыл сæттып æмæ уæ курын фыц- даджыдæр: мæхи уартæ уыцы дуры сæр мысанæн æрæвæрдзы- нæн. Цалæй сæ фæнды, уалæй мæ æмæхст фæкæнæнт, æмæ цæргæ кæпоп, мæлгæ, мауал-иу мæм бавналæпт. Мæ бæхыл-иу мæ сæвæрæнт æмæ мæ уый быпатмæ хæццæ кæндзæн. Дыккаг: ме ’намонд сабиты уыл фæдзæхсын... Баскатæ сæ туг мауал ба- цагурæнт. Кæд ууыл разы сты, уæд ард бахæрæнт, кæд нæ, уæд æз цæттæ дæн хъазуат тохы лæгæй-лæгмæ амæлыныл,— бал- хынцъ кодта йæ ныхас Сæхуыг. Тæрхоны лæгтæ Баскаты хистæртимæ ауынаффæ кодтой, æмæ уыдон сæ туджджыны домæныл дыууæ нал загътой. Сæ- хуыджы тар цæсгом фæрухс. Йæ хотыхтæ акалдта æмæ, æр- дæбон цы дурмæ бацамыдта, уый сæр ронбæгъдæй æрлæууыд. Авд рæстæдзæвины йæм се ’рдынбостæ аивæзтой æмæ сау кæлмытау æхситгæнгæ авд фаты Сæхуыджы фæтæн риу айгæр- стой. ,— Абонæй фæстæмæ уæ ходон лымæн мачиуал скæнæд! — ныннæрыд ма Сæхуыджы удисгæ фæстаг хъæр æмæ æрфæл- 32
дæхт. Фæсцъисон, Ксурты хъæуы цы тæрхон цыди, Уæрдæса уый цæмæй зыдта æмæ Сæхуыгмæ бадодой кодта: — Сар дæ къона кæндзæн, мæнæ не ’фсин æрбаздæха.— афтæ катайгæнгæ йæхи радав-бадав кодта. Мыст дæр хуыздæр уавæры нæ уыди. Мæ хойы раз мæхи сраст кæнон, зæгъгæ, абон райсомæй сæхимæ лидзинаг уыди, фæлæ йæ кæлæнтæ йæхирдæм зилын байдыдтой. Кьæсæрыл куыд рацæйхызт, афтæ фастаг суджы лыггагыл йæ рахиз къах фездыхст æмæ ма уазæгуатмæ тыххæйты бахылд. «Мæ хоимæ раздæр куынæ аныхас кæнон, уæд мæ къоиа хæ- лы»,— цæуынвæнд-иу акодта Мыст, фæлæ фадхъулæй дæлæмæ къах ныддæнгæл æмæ йæ ныфс асаст. «Уæ Хуыцау, уæд та йæ нæхимæ иу къуыри афæстиат кæн»,— куывта йæхинымæры Мыст, фæлæ йыл йæ хъысмæт хинæй рацыд. Уыцы изæр Мæр- зойон йæ цæгатæй æнæихъæлæджы æрбаздæхт, æмæ йыл Уæр- цæса тымыгъау йæхи андзæрста: — Айфыццаг та дæм холлагдонмæ чи бацыд?! — Дæдæй, ,нæ лæг, уый та цытæ дзурыс? — фæджих ус. — Уæдæ мæиæ адоныл дæр нæ сæттыс? — йæ разы йын ай- дæн æмæ сæрвасæн æртъæпп кодта лæг. — Мæ мæрдтыстæн æмæ дæ мæрдтыстæн дæр, фыццаг хатт сæ уынын... Мыййаг исты кæлæнтæ сты? — Ау, Сæхуыгмæ дæр сæ нæ федтай? — фæхъыррыст кодтой Уæрдæсайы æфсæртæ. — Цытæ дзурыс, уæртæ лæг, Хуыцау дæ ралгъыста æви дæ хæйрæджытæ фæсайдтой! — скъуындæг æнæлаз сылгоймаджы зæрдæ æмæ йæ фæллад цæстытæ адон сты. — Уæдæ дыл де ’фсымæр тугтæ мысы?! — фæбогъ кодта Уæрдæса æмæ йæ уазæгуатмæ йæ къабаццагæй ахæр-хæр кодта. Мыст баруад, адæргæй мысты лæппыныйас дæр нал уыд, фæлæ йын Уæрдæсайы æлхынцъ æрфгуытæ йæ хъæстæ æвзаг райхæлдтой æмæ хуылыдз каркау зыр-зыргæнгæ йæ митыл ба- саст. Бæргæ ма фæуади Уæрдæса фæдисы æнæсаргъ бæхыл Ксурт- мæ, фæлæ байрæджы, æмæ фæстæмæ йæ сæр хойгæ æрбаздæхт. Тар мигътæ йæ фæдыл кæугæ лæстысты æмæ сæ уазал цæссы- гæй Ходы къуылдымты æхсадтой. Тархъæды бæлæстæ дæр сæ пака сæртæ æруадзгæйæ Урс хохæн тæфæрфæс кодтой. Сæхуы- джы лæгæтæй хъуысти сидзæргæс усы зæрдæхалæн хъарæг æмæ йæ цыппар æнахъом фырты ,марой. Сæ тæригъæдæй дам уæд Хъæриуы хохы дъити атад æмæ абоны онг йæ сæрыл урс худ пал æркодта. Фыдæлтæ худинаггæнæгæн нæ барстой. Уæрдæса дæр йæ каисы къæхтыл сахсæн сæвæрдта, йæ цæнгтæ йын сбаста, аф- 3 Мах дуг № 11—12 33
тæмæй йæ хæрæгыл дæдмæлау сæвæрдта æмæ йæ цъæййаг ко- мы Стыр Ныхасы дзыллæты раз æрлæууын кодта: — Уæ худинаггæнæгæн уæхæдæг тæрхонгæнæг. Абонæй фæс- тæмæ цъæййаг каис мачиуал скæнæд! — аргъуаны дынджыр дзæнгæрæгау комæй хохмæ, хохæй коммæ зæлгæ ацыд Уæрдæ- сайы бæзджыи хъæлæс, æмæ йæ каисы чъизи митæ хурмæ ра- калдта. — Худинаг æмæ аллайаг! — ныггуыр-гуыр кодтой хæхтæ æмæ сæ цæсгæмттæ мигъы цъуппытæй амбæрзтой. — Фидиссагæн баззадтæн! — нырдиаг кодта Цъæйы дон, уæдæ цы уыдаид. Хуыкъалыйы сæрмæ арв дæр æрбахъулæттæ æмæ иунæг гæрахæн .Мæрзойты кæлых бæлас афæлдæхта. Сæргуыбыр, уæнтæхъилæй Мыст йæ хинтæ, йæ кæлæнтыл басаст, фæлæ йын Ныхас нæ иыббарста. Йæхи мыггагæн æй куыдзæппарæн былæй асхойын кодтой æмæ ма йæ фæстаг хъæр комæй сыхъуыст: — Уыцы бæх-иу Баскатæй æрбакæнут! Арв асыгъдæг æмæ та тызмæг хæхтæ сулæфыдысты. Хъæдьг æфсармдзаст бæлæстæ сæ сæртыл схæцыдысты. Дзурынц, зæгъ- гæ, уыцы бон Сæхуыджы лæгæтæй цыппар лæппын цæргæсы ратахт æмæ холыагур Цъæйы коммæ сæхи æруагътой. Дзурынц, зæгъгæ, Мысты фыд Мæрзойты Мадзу та Хуыкъалыйæ Мызур- варсмæ æрлыгъд æмæ йæ тæригъæдтæ сыгъдæггæнгæ Сæхуы- джы бинонтæн авд азы дæргъы хъалон фæфыста. Уæдмæ ралæгтæ сты цыппар цæргæсы æмæ сын Дзиутæ сæ фыды кæм баныгæдтой, уырдæм сæхи æруагътой. Цыппар тулдз: бæласау арф уидæгтæ ауагътой уым сидзæр æфсымæртæ, æмæ сæ цæрæнуат фæстагмæ æнæхъæн хъæуæй агæпп ласта. Йæ ном та абон дæр хуыйны Сæгæгкатæ. Ирыстопæн та балæвар кодтой цыппар мыггаджы. Толпарæй — Толпарты мыггаг, Магкæйæ — Магкæтæ, Золойæ — Золойтæ æмæ Цæрæкæй та Цæрæктæ. Дзурынц, Уæрдæса дам æфцæгыл цал хатты хызти, уал хат- ты Сæхуыджы мысгæйæ кæуынæй баруад æмæ йæ иуахæмы йæ «Кæуæны» мардæй ссардтой. ТУДЖЫ ПЫРХÆНТÆ Рагон Къора. Бадилаты Стыр Ныхасы куыдхистæрæй ра- бадтысты Хъуыбадты, Абысалты, Хъæрæбыгъаты æмæ Тугъан- ты урсзачъе зæрæдтæ, сæ сæргъы Хъуыбадты хистæр, садзгæ- рихи, схъæлдымæг кæй хуыдтой, уыцы хъал Айдарыхъо. Хис- тафтæй чысыл дæлдæр уырдыг лæууыдысты, нарæгастæу сæр- бæрзонд фæсивæд сæ хъаматы сæртыл хæцгæ. 34
Айдарыхъо йæ хораса хъуынджын æрфгуытæ цæргæсы ба- зыртау уæлиау систа, йæ донхуыз цæстытæ хъæрццыгъайау фæсивæды ныссагъта æмæ барджын иыхас кодта: — О, мæ буц кæстæртæ, цы нымæт цæгъдай, уый хъуыпджын- дæр кæны, фæзæгъынц. Уæлладжырæй карды ком æмæ топпы дзыхæй нæ фыдæлтæ дæр никуы ницы рамбылдтой. Уыдонимæ зондæй архайын хъæуы, зондæй, мæ хуртæ. Комы сызгъæрин дæгъæл та Ходыхъæуы ис, æмæ цалынмæ уый уæ къухы бафта, уæдмæ уыцы комæй иицы фæфос кæндзыстут. Арвитут хонæг Ходы хъæумæ, уадз æмæ сæ минæвар сæмбæла нæ нæртон куывды. Чи зоны, куырм бындзау бахауа нæ хæлуарæджы ты- ны, кæд исты сарæхсат, уæд,— зæлдаджы хуызæн урс боцъо адаугæйæ йæ ныхас балхынцъ кодта уæздæтты хистæр. Ныхасы адæм мæлдзыджыты губакк фæрæхойæгау базмæ- лыдысты. «Ау, уый та куыд, нæ уæздан фыдæлтæ сæ сæрмæ дзурын кæимæ нæ хастой, уыцы сау адæмы ныр не ’мрæнхъ куыд рабадыи кæнæм»,— хъуыр-хъуыр кодтой хинымæр кæс- тæртæ, фæлæ æгъдаумæ гæсгæ Айдарыхъойы ныхмæ сыпп скæ- нын никæй бон бацис, æмæ алчи йæхи зæрдиагæй цæттæ кæнын байдыдта фæззæджы нæртон куывдмæ. Æвзæрст лæгтæ хæдзари-хæдзар къусбар æрзылдысты æмæ дыууадæс цæджджинаджы бæгæны бафтыдтой. Фæсдзæуинтæй сæрмагонд лæгтæ мидæгхор-мидæгдонæй хастой нывонд галтæ æмæ тохъылтæ. Хъал фæсивæд се ’фсургътæм цæкуытæй зыл- дысты, дугътæм сæ цæттæ кодтой. Чи йе ’рвнæрæп сойæ сæрста, чи йе ’хсаргард уисыл фæлвæрдта, чи та сигæцыл пæ болат хъама адау-адау кодта. Урсдæллагхъуыр чызджытæ сæхицæн дари къабатæ хуыдтой, фæндырæй ног цагъдыл сæхи ахуыр- кодтой. Хурхоры дзуары сæрмæ сау сынтытæ, дыма минас ра- гацау се ’уæны уыдтой, уыйау хъæлдзæг зилдух кодтой. Сау хъæды сæрмæ мигъ йæхи ныллæг æруагъта æмæ, карк рæвдуан куы агура, уыйау рауай-бауайыл сси. Бæлæстæ уарзæттау кæ- рæдзийы хъусты цыдæр сусу-бусу кодтой. Згъæрхуды тъæпæнæн хъуысти Бадилаты фыййауы уадыидзы уасын. Æвæццæгæн, уы- мæн дæр минасы тæф йæ фындзыл уади, иннæмæй та, мысты- тæ афæззæг арф уæрмытæ кæй пæ къахынц, ууыл ции кодта, хъызт зымæг нæ уыдзæн, зæгъгæ. Бæрæгбонмæ ма къуыри уыд, фæлæ Бадилаты стыр кæрт- мæ уазджытæ æмбырд кæныи байдыдтой Хъаз-Хъуымыхъæй, Цæцæн-Мæхъæлæй, Даргъхъаллæйæ, Асы æмæ Хъæрæсейæ, Ногъай æмæ Кæсæгæй, Ирыстоны алы кæмттæй. Буц фысым- тæн алчидæр æрхаста амæй-ай диссагдæр, амæй-ай хуыздæр лæвæрттæ. Афтидармæй æрцæуын уыцы æвзаргæ уæздæттæй йæ сæрмæ чи хаста? 35
Хъæу æмызмæлд сси. .Куыйты рæйд, бæхты мыр-мырæй бæ- стæ арыдта. Физонæджы хус смаг арвыл æмбæлди, æмæ йæм æххуырстытæ цыбæлæй сæ мондæгтæ уагътой. Бонджынты лæппутæ цымыдисæй уазджыты бæхтæй кæцы хуыздæр у, бæрæгбоны дугъты дзы кæцы фæразæй уыдзæн, ууыл сæ кæрæдзиимæ ерыс кодтой. Фысымтæ æмæ уазджыты фæсивæд милмæ æхсын, дур æппарын, кафын æмæ зарынæй кæ- рæдзийы фæлвæрдтой, афтæмæй цины боптæ æрхæццæ сты. 1 Фæуадзæм уал ныр уæздан Бадилаты æмæ Уæлладжыры коммæ фæзилæм. Ходы Стыр Ныхасы урсбоцъо зæроид лæгты раз æрфистæг Бадилаты хонæг. Иæ хидæйдзаг бæхы йын кæс- тæртæ айстой, æмæ уазæг арфæ ракодта Ныхасы бадæг адæ- мæи. Хистæртæ йын салам куы радтой, уæд бамбарын кодта: — Æз дæн, Къорайы уæздæттæ кæвдæсардæй кæй тонынц, уыцы Хъанымæт. Абон хуыцаубоп, иннæ абон Бадилатæ фæз- зæггуывд кæпыиц æмæ мæ Хъуыбадты хистæр, йæ боп ныкка- лæд, садзгæрихи, схъæлдымæг хъал Айдарыхъо уæ хъæумæ хо- нæг рарвыста. Сæ хъал фæсивæдæй уæм æрбацæуып йæ сæрмæ ничи æрхаста. Мæ хъустыл ма æрцыдис цыдæр дæгъæлы кой дæр, цыма Ходон уазæджы тыххæй цыд уыцы пыхас,— загъта ма хонæг æмæ йæ хъоппæг цæстытæ Ныхасы бадæг адæмыл ахаста. Хистæртæй йæ чидæр фæфиппайдта æмæ йæм ба- дзырдта: — Бузныг, не ’фсымæрыхай, гуырысхо ма кæн, ам мах æх- сæи æлдæртты зæвæттæ сдæрджытæй ничи ис. Дыккаг бон Хъанымæт йæ буц фысымтæп зæрдиаг арфæтæ фæкодта æмæ хинымæры заргæ Ходы æфцæгæй ахызти. Хъæл- даæг уыд йæ зæрдæ, йе ’лдæртты сау фæпдтæ Ходы Ныхасы дурмæ кæй ракалдта, уымæй. Мигъ саухъæдыл пъæззыйау ныббадтис æмæ денджызау уылæнтæ кодта. Бæлæсты сыфтæртæй æртæхтæ джынасуйы фæрдгуытау зæхмæ тагъдысты. Хъанымæт Къорамæ куыд хæс- тæгдæр цыд, афтæ йæ рыст зæрдæ хъуынтъыз бонау æпкъардæй- æнкъарддæр кодта. Мигъ æфцæгæй йæ хъуынджыи сæр хуыснæгау сдардта æмæ æххормаг арсау Ходыхъæумæ касти. Уым Стыр Ныхасы урс- боцъо зæроид лæгтæ тæрхоны рабадтысты. Хъæубæсты хистæр Дзугкойты куырыхои Бабу дзырдта: — Ацал-ауал азы нæм нæ уæздан сыхæгтæй хонæг фыццаг хатт ис. Цы хур сыл ракаст, нæ зонын. Се ’м’сæр иæ кæныпц, уый мæ пæ уырны. Кад, æгъдау иын кæнынц уæдæ? Нæ, уый сæ уæздан туджы нæй. Цы хъæуы уæдæ бухъзæрдæ æлдæртты махæй? Комы дæгъæл, комы, мæ хуртæ! Цытджын Уæлладжы- ры коммæ сау рувæстæ фæндаг агурынц. Хъалон æрæвæрыпмæ 36
/ хъавынц’ нæ сæрибар комыл, фæлæ кæд Айдарыхъо рувас у, уæд мах та йæ къæдзил стæм. Зæгъут, мæ хуртæ, кæмæ уæ цы фæндон ис? — фæци йæ ныхас зондджын Бæбу æмæ йæ ирд цæстытæ адæмыл ахаста. Ныхасы адæм чыргъæды бындзытау б’азмæлыдысты. Иутæ дзырдтой: «Нæ нæ хъæуынц Бадилатæ хæрды дæр æмæ уырды- джы дæр, нæ сæм цæуæм!» Чи та загъта: «Иу дыууиссæдзæй сæм фæцæуæм!» Уæд Гатеты Бесæгъуыр, нæртон Уырызмæгау, ихсыд дурæй сыстад æмæ афтæ зæгъы: — Бадилатæ нын нæ комы фидар мæсыг йæхи дурæй феха- лыныл рагæй архайынц. Фæлæ нæ пыхас ныронг кæрæдзиуыл куыд бадти, афтæ куы бада, уæд, мæ хур акæной, нæ буц кæс- тæртæ ,нæ мыдыкъусы къæм никуы ныххаудзæн. Æлдæрттæ нæ хоиьшц сæ куывдмæ æмæ сæм цæуьгн хъæуы, сæ дæлгоммæ митæ сын цыма æппындæр не ’мбарæм, уыцы хуызы. Арвитын та хъæуы ахæм лæджы, канд йæхи нæ, фæлæ хъæубæсты æмæ æнæхъæн комы кад бахъахъæнын дæр йæ бон кæмæн бауы- двæн. Фæлæ ахæм ранмæ афтидармæй цæуæн кæй нæй, уый дæр хъуыдыйаг,— фæци йæ ныхас Бесæгъуыр æмæ уæззаугай йæхи тъæпæп дурыл æруагъта. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Бадилаты фæззæджы куывд- мæ фæцæуыны хал схауди хъæдмæ сугдзау æнæ фæрæтæй чи цыди, уыцы разагъды цуанон, Хъайтыхъы кæстæр æфсымæр Тедейыл. Уый уыди хъæубæсты ныфс. Йæхæдæг дæр йæхиуыл йæ зæрдæ лæгдзинадæй дардта, фæлæ цавæр хуын фæхæсса челдæртты куывдмæ, уый бæрæг нæ уыдис, афтæмæй иу райсом *еде æхсæвыцæстæй æфцæгмæ схæццæ. Уым Ходы бæрзоидыл бадæг Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста, фаты æндон бырыикъ дзы мыеайиаг бавæрдта æмæ Къæбицты комы дæлæмæ Саугъæд- мæ йæ ных сарæзта. Арвыл къæмы мур нæ зынди. Тедемæ хур йæ мидбылты худт æмæ сындæггай Æфсатийы зарæг базарыд. Хур йæ фæлмæи тынтæй фæззыгон хъæды бæлæсты мады риуæй иртæст сабитау рæвдыдта. Мæргътæ сæ уæзæджы ципæй иал æнцадысты сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбурæй, æмæ цыма æнæхъæн хъæды цæрæгойтæ дæр Тедейыл мæт кæнынц, йæ къух ын цæмæй ацаразæм, зæгъгæ, афтæ йæм фæкаст. Куыддæр Тæрсæфцæгæй бахызт, афтæ фæлтæрд цуанопы хъустæ цыдæр хус къæрцц ацахстой. Дзыхълæуд фæкодта æмæ æдзынæгдæр пыхъхъуыста. Къæрццытæ кæцæй цыд, уыцырдæм Теде йæ къахæлгътыл сыпдæггай бахъуызыд. Пыхсы бынæй ба- каст, æмæ дын уæртæ стыр бæласы бын галы йас гæрæмæфцæг арс тæрсытæ мерс кæпы. «Ай мып Æфсатийы лæвар у»,— ба- рухс цуаноны зæодæ æмæ йæ цæхæр цæстытæ æрдузыл ахаста, 37
хæстæгдæр æм. кæуылты бахъуызон, зæгъгæ. Иу ставд тæрс бæласы фæстæмæ гæдыйау бахъуызыди. Сырд æм лæууыд чъылдымырдæм бынтон хæстæг. «Ехх, ныр ай удæгасæй Ба- дилатæн пыллас, хæрзаг сæ хъæуæй фæлидзиккой»,— ахъуыды кодта Теде æмæ сауфистонджын хъама кæрддзæмæй сласта. Бæхы дымæгæй быд сæхъис архъан йæ астæуæй райхæлдта, æмæ, куыддæр йæхи æрцæттæ кодта, афтæ дын кæцæйдæр ты- сыкъа хуы февзæрд. Тæрсытыл къæбырттæй куы ралæууыд, уæд арс мæсты гуым,-гуым скодта æмæ йæ дзæмбытæй æрдузы бæрæг астæуты арæпы къанау рахахх кодта. Цыма хъæддаг хуыйæн афтæ зæгъыпмæ хъавыд: «Мæнæ арæн, æмæ йæ сæрты куы ’рбахизап, уæд æз дæр ам дæн». Тысыкъа арсы мæстæйма- рæгау багуыбыр æмæ зыд къæмс-къæмсгæнгæ хаххы сæрты арæнæй бахызт. Арсы цæстытæ мæстæй цæхæртæ акалдтой æмæ богътæгæнгæ æдзæсгом хуыйыл йæхи андзæрста. Дыууæ налат сырды ’хсæн мæлæтдзаг тох бацайдагъ. Сæ богътæ æмæ сæ хъыллистæй хъæд сæ сæрыл систой. Арсы дзæмбытæ хуыйы цармæй чъепсытæ æппæрстой. Тысыкъайы тыхджын риуыгъдæй арсы царм гæбазгай’ тахти. Сырды хыл цуанопы тæккæ размæ ’рбаввахс. Тедейы сæрыхил уыцы æрра тохмæ кæсынæй арц сбадт. Йæ пуæрттæ къахæй сæрмæ ныхъхъандзал сты, æмæ сæм куыддæр кардæлвæстæй расæррæт ласта, афтæ хуыйы тых- джын риуыгъдæй арс фæуæлгоммæ æмæ йæ фиутъæнгтæ фæз- дæгкалгæ федде сты. Раст уыцы уысм Тедейы фæринк хъæддаг хуыйы сæр æмбисмæ афаста, æмæ уый дæр тугкалгæ йе зна- джы фарсмæ æрфæлдæхт. Цæф арс йæ хъуыиджын сæр рахъил кодта æмæ, Тедейæн цыма арфæ кодта, уыйау йе ’иæхии цæстæнгас дзырдта: «Буз- ныг, хъæбатыр лæг, мæ туг мын кæй райстай, уымæй». Æмæ йæ хъуынджын рустыл дыууæ суадоны æрцæд кодтой. Цуапоны фидар зæрдæ уыцы тæригъæддаг нывæй æрбауынгæг. Тысыкъа- мæ йæ маст æрбафыхт, мæ фæндтæ мын æрбайхæлдта, зæгъгæ, фæтæнком хъама бæрзонд фæхаста æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй хуыйы дыууæ хъусы астæу ныссагъта. Теде мæстæйдзагæй чысыл фалдæр кæлдымы бын йæхи æруагъта æмæ сагъæсты аныгъуылд. «Мæ балцы фæндаг бын- топ лæгъзытæй кæй пæ уыдзæи, уый ацы æвирхъау хабарæй бæрæг у». Уæззау сагъæстæ йæ рæубазыртыл Бадилаты хъа- зæн фæзмæ аскъæфтой æмæ дзы диссаджы нæртон симд йæ цæстытыл ауад. Хъал фæсивæд Ходон уазæгмæ былысчъил каст цыма кодтой. Нард фыпгты уæлхъус урсзачъе бухъзæрдæ хистæртæ бæрæгбонарæзтæй бадынц æмæ фæрсæджы цæстæн- гас Тедемæ дарыпц, афтæ зæгъынмæ цыма хъавынц: — Зæгъ-ма, цы пыфс, цы цæсгомимæ нæм æрцыдтæ ды та? Иæ 38
хъуыдытæ здыйау ныууæззау сты, афтæмæй та йæ сæ уæлных- ты фелвæстой æмæ йæ Ходыхъæуы Ныхасы хистæрты раз æрæ- еæрдтой. Уыдоны ирд цæстæнгас та дзырдта: хъæубæстæ дыл сæ зæрдæ дарынц, цытджын Уæлладжыры ком ма фегад кæн. Уыцы рæстæг йæ хæдфæстæ хус къæцæлты къæрцц фæцыдис. Фæстæмæ куыд фæкаст, афтæ ’йæ мадæл арс богътæгæнгæ йæ быны аф’сæрста. Фæлæ, хъæубæстæ сæ ныфс кæуыл дардтой, хъæдмæ сугдзау æнæ фæрæтæй чи цыдис, уыцы Теде дæр йæ лæппын нæ разынд. Фæцарæхст æмæ галиу цонг суанг йæ рæ- бынмæ арсы хъæлæсы афсæрста. Рахиз къухæй бæрзæй æрцах- ста æмæ знæт сырды уæлгоммæ æрфæлдæхта. Зæхмæ йын йæ хурх ахъаззаг нылхъывта, æмæ сырды æиуд хæр-хæр ссыд. Æр- михæст бирæ нал ахаста. Тедейы сау хъама арсы галиу дæларм байгæрста æмæ зæрдæйы иннæрдæм ахызт. Йæхæдæг дæр æнæ цъæррæмыхстæй нæ баззад. Теде йе ’ртæ сырды мардмæ бирæ фæкаст æмæ хинымæры скарста: «Нæ, æз мæ хъæздыг фысымтæн хъуамæ удæгас сырд нылласон, науæд та дзурдзысты, кæмдæр хæдмæл сырды мард ссардта. Куыд æмбæлд, сырдты мæрдты афтæ бакой кодта, къабазгай сæ бæрзонд бæлæсты цæнгтыл æрцауыгъта, пыхс агъудтæ сыл скодта, стæй арсы сойæ йæ цæфтæм базылди æмæ фæлладæй йæ сырд ахсæн цъысымтæ бæрæггæнæг араст. Цуанæттæ дзæгъæлы нæ дзырдтой, Теде дам Æфсатийы хæрæфырт у æмæ дам амонд йæ размæ цæуы, зæгъгæ. Баихъло- мы комы сæрмæ тæккæ сырдахсæн цъысымы уæлхъус æртæ сæрджын саджы æнæмæтæй хызтысты. Теде йæхи Æфсатийыл бафæдзæхста æмæ сæм уадымсы ныхмæ йæ гуыбыны цъарыл гæдыйау хъуызынтæ систа. Иу ставдзæнг кæрз бæласы фæстæ æрныгъуылд æмæ, гъа, ныр архъан фехсон, зæгъгæ, афтæ ин- нæрдыгæй къуыбырхъус цъæх бирæгъ сагтыл йæхи фехста. Æртæ саджы фæйнæрдæм сæхи аппæрстой, фæлæ дзы иу цъы- сымы смидæг. Бирæгъ фæуыргъуыйау. Æнамонд сæрджын са- гыл лæг йæхи ныццавта, æмæ уайтагъд йæ фæлмæн æнæрцæф хъуырыл дæрзæг сæхъис бæндæн æртыхст. Бирæгъ йæ къуыбыр хъустæ æруагъта æмæ хæлиудзыхæй пыхсыты афардæг. Ныгуылæнырдыгæй, цыма Хуыцауы хъуг аргæвст, уыйау арвы кæрæттæ сырх-сырхид адардтой. Фæллад боны кæрои æр- хæццæ, æмæ Теде дæр уæйыг тулдз бæласы бын æрфысым кодта. Фæздæг арвыл сæмбæлд, æмæ цæхæрыл физонæджы цъыс-цъыс ссыд. Саг цыппæртæбастæй зæххыл зыр-зыр кодта. «Бæхрæгъау, мæ рæгъау!» — хъæды азæлыди ололийы фæдис. 39
* * * Банхъломы комы бынмæ Урсдоны рахиз был Бадилаты/ уæ- рæх хъазæн лæгъзы нæртон симд бацайдагъ. Сæууон рог уддзæф фæндыры æхсызгон зæлтæ æнæфсисæй фæйнæрдæм скъæфта æмæ сæ æнусон бæлæстыл, мæргътыл, сырдтыл уæрста. Урс- дон йæ цæуынæй фенцад. Урс хох дæр æстдæссион сагау йæ хъустæ схъил кодта æмæ æдзынæг ныхъхъуыстой фæндыры дис- саджы цагъдмæ. Хъазты фæзы доиыбылы ’рдыгæй сызгъæрин талатау рæнхъæй лæууыдысты тасгæ-уасгæ гуырвидауц чыз- джытæ, æмæ сæ риуыгънæджытæ хуры тынтæм сæууон стъалы- тау тыбар-тыбур кодтой. Сæ даргъ хъуымбылбыд дзыккутæ зырнæйзылды хуызæн фадхъултыл ныдзæвдысты. Сæ тæлæссои цæсгæмттæй хуртæ æмæ мæйтæ æрттывтой. Аниæрдыгæй сæ иыхмæ лæууыд фæтæнуæхск нарæгастæу лæппуты рæнхъ æв- зист хъаматы сæртыл хæцгæ. Сæ иуæй се ’ннæ аивдæр, сæр- бæрзонддæр. Сæ рæхснæг уæнгтыл диссаджы фидыд кодтой аив хуыд сгæллад цухъатæ, сызгъæрин донытылд бæрцыты сæр- тæ æмæ æвзистæвзагджын нарæг рæттæ хъуымбылсæр ирон дамбацатимæ. Уыцы дарæсы уæлдай аивдæр кодтой урс хъуын- джын худтæ. Дзагхæцъæф зæнгтыл æнгом бадтысты сау сæра- кæй хуыд зæнгæйттæ æвзистæвзаг зæнгбæттæнтимæ. Уæлбыл даргъ фынгты уæлхъус рабадтысты Бадилаты буц уазджыты хистæртæ. Сæ сæргъы фысымты куырыхон хистæр Хъуыбадты хъал Айдарыхъо йе схъæл урс рихитæ здухгæ сæрбæрзондæй фæлгæсыд æмæ йæ сахъ кæстæрты цинæй йæ дæрзæг фæлахс цæсгом бонвæрнон стъалыйау барухс. Йæ кæстæр фырт Мысо- стæн цæстæнгасæй цыдæр ацамыдта, æмæ уый фæндыры цагъд бауромын кодта. Хъазты фæсивæд сæ цæстæнгас Айдарыхъо- йырдæм аздæхтой. Айдарыхъо та цæстæнгасæй йæ хистæр фырт Елдзарыхъомæ фæсидт æмæ йæ бафарста: — Лæппу, искæмæ ма æнхъæлмæ кæсæм? — Ходæй нæм ничима фæзынд, æвæццæгæп, сæ ныфс не ’рхастой, æмæ, баба, каст ницæмæуал у,— загъта æрыгон æл- дар æмæ сызгъæринæй аив фæлгонц бæгæпыйы куыси йæ фыд- мæ радта. Æлдар банкъуысыд æмæ бадджытæ иууылдæр слæу- уыдысты. Кæстæр фæсивæд худаистæй сæ уæлхъус «оммен» кæ- пынмæ æрбамбырд сты. — Цæй уæдæ, нæ буц уазджытæ, иунæг кадджын стыр Хуы- цауы рухс ном ссарæм,— уæхст æмæ бæгæныйы къусыл схæц- гæйæ райдыдта кувын Айдарыхъо. ’Фæсивæды æнувыд «оммен Хуыцау» хæхтæ, къæдзæхтæ арыдта. Раст цыма ныртæккæ Айдарыхъойы зæрдиаг кувынмæ- Хуыцау æмæ Уастырджи Мæхæмæт-пехуымпаримæ уæлбылæй. 40
æрзындысты, афтæ æнкъардтой омменгæнджытæ. Се ’уæнгты дыз-дыз-иу ссыд, сæ буар сисбынтæ бадтн æмæ-иу Банхъломы рагъырдæм зулдзæстæй скастысты. — Уæ нæ фæйнæгфарс, сагсур, фæсивæд ,нæ зынаргъ уаз- джытæ,— куывта дарддæр Айдарыхъо,— макуы ахауæнт уæ- къухтæй нæ фыдаалты стыр фарн, нæ фыдæлты бæркæдтæ, хай- джын мын ут, мæ хуртæ, нæ нæрæмон фыдæл Бадилоны уæззау зоидæй, йæ цыргъæвзаг æмæ йæ домбай хъаруйæ! Абон не стыр- куывды бон фат æхсынæй, уæлбæхæй хæцынæй æмæ хъæбыс- хæстæй чи фæуæлахиз уа, уыцы сахъ гуырдæн-иу хæлар уæнт’ не ’ртæ хæзнайы: болат æндон æхсаргард, æмæхгæд æвзист рон æмæ æдсаргъ, æдидон æфсургъ,— фæци йæ ныхас зæронд æл- дар æмæ аходæггаг кæстæртæм алæвæрдта. Раст уыцы рæстæг бæрз уисты пацъа сыфцæй ласгæйæ Бан- хъломы комæй æрзынд иу лæг. Кæд æй уынæг фæци, уæддæр æм хъусдарæг нæ фæци. Лæгъзмæ куы ’рхæццæ, уæд саджы цыппæртæ суæгъд кодта, фæлæ сырд тæссæй пацъайыл баидзыг. Лæг даргъ бæндæн куы базмæлын кодта, уæд саг фесхъиудта æмæ фæйнæрдæм рагæпп-багæпгæнгæ мехъытыл схæцыд, фæлæ сæхъис бæндæныл фидар къухтæ хæцыдысты. — Саг, удæгас саг чидæр æрцахста! — схор-хор кодтой фæ- сивæд æмæ йæ размæ азгъордтой. Уыдоны æххуысæй уазæг хистæрты размæ йæ амæддаджы баласта æмæ куыд æмбæлдг афтæ арфæ ракодта: — Бæрсткуывд ут æмæ уæ Хуыцауы хорзæх уæд, уæздап Бадилатæ! Æз дæн Ходон цуанон Теде, уæ куывдмæ хуынд æмæ- афойнадыл кæй нæ сæмбæлдтæн, уый тыххæй хатыр уæд. Ацы сыкъаджын та нæ хъæуы хистæрты лæвар у æмæ уын хаир уæд. Æрмæст мæ сæхъие бæндæн ма фæдзæгъæл уæд, — æмæ сыр- ды фысымты бар бакодта. Саг футтытæгæнгæ хæрдмæ хаудг йæ лæгъз буар ризынæй иал æнцад. — Амбылдтой, амбылдтой Ход! Иратаманы дзы ахæм æна- хуыр лæвар нæма уыд! Уый сагсур лæппу у, гъе,— хъуыстысты фæйнæрдыгæй æппæлæн ныхæстæ. Тедейæн фынджы хистæр бæгæныйæ æмбæлæггаджы нуа- зæи баназып кодта æмæ йæ кæстæрты æвджид бакодта. Адæм æстдæссиоп сагыл æмбырдтæ кодтой, кæсынæй йæм не ’фсæстысты, йе ’рбаласæгыл та быптои сæ цæст æрæвæрдтой. Фæлæ лæгуын уæрццæн зад хуымы хпзын кæд фидыдта? Æвæц- цæгæн, пæ дарæс хъал фæсивæды цæсты кæй нæ сахадыдта, уымæ гæсгæ сæ ферох. Фæлæ уæддæр бынтоп нунæгæй пæ баз- зад. Хъуыбадты сау кусджытæ æмæ кæвдæсæрдтæ пæ се уазæг бакодтой. 41
Бадилаты хъæлдзæг куывдмæ фæззыгон хур дæр арвы ас- -гæуæй мидбылхудгæ касти. Хæхтæ сойæвдылдау сæхицæй ныб- буц сты æмæ айдæнтау æрттывтой. Хъæды сырдтæ æмæ мæргъ- тæ нард физонджыты тæфæй сæлæт кодтой, фæлæ ерыстæ куы райдыдтой, уæд æрдз бамыр. Адæм сæ цæст æрæвæрдтой кæс- гон æлдар Саулохы фырт Тасолтаны хъару æмæ арæхстыл. Фа- чгæй цъиуы цæст æргъæвта. Иæ уадсур бæхы риуæй барджыты <фæлдæхта. Бадилаты богæлтты се уæнтыл æвæрдта, Доныхъазы хуызæн рæсугъд чызджытæ йæм тæхудыгæнгæ кæрæдзийы ау- -уæтты кастысты æмæ уый дæр æнафоны уасæгау йæхицæй ныб- буц и. Бадилаты хъал фæсивæды цырен арт æрмынæг æмæ ма йыл кæд хæтæлы цъæлтæ баппар-баппар кодтой, уæддæр йæ хъыл- ма ’фæздæг цæстытæ къахта. Мыггаджы хистæртæн хинымæры хъыггомау уыдис, се ’ртæ хæзнайы сын сæ къухтæй кæй акъах- •тæуыд æмæ, дард кæдæмдæр кæй аивылдзысты, уый, æмæ сæ .кæстæрты бафарстой: — Ау, ничиуал нæм ис, йæ лæгдзинад чи равдиса, ахæм? Куыд тагъд уæ гæрзтæ æрæвæрдтат, æви нын мæцъæлтæй хаст стут? — Кæд ма дæлæ нæ Ходон уазæг исты зæгъа, æндæр ничи- уал,— дзуапп радта æрыгон æлдар Елдзарыхъо. Ходонæй разыйы дзуапп куы ’рбахастой, уæд сæм хистæр- тæ Тасолтанимæ фæсидтысты. Айдарыхъо йæ хинæйдзаг къуырф цæстытæ сæрæй бынмæ æрхаста сæ дыууæйыл дæр æмæ йæ бауырныдта, хохаг хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Нуазæн .æмæ галы сгуы систа æмæ загъта: — Уæ цæрæнбон бирæ, лæппутæ! Ныфс æмæ уæм æхсар’кæй ис, уый бæлвырд у, фæлæ дзыхджын та бæхджын у, фæзæгъынц, æмæ ма мыи зæгъут, лæг та цæмæй лæг у? Раст дзуапп уæ чи радта, уымæи ацы кады нуазæн æмæ галы сгуы. Дыууæ лæппуйы кæрæдзимæ хылгæнаг уасджытау ныккас- тысты. «Æвæццæгæн нын дзырдарæхсты фæлварæн кæпы»,— ^скуыста Тедейы зонд æмæ фæрсæгау Айдарыхъойы къуырф цæстытæм комкоммæ ныккаст. — Зæгъ, зæгъ, Ходон, хуынды лæг дæ æмæ æфсæрмы ма кæн,— бахатыд æм бадты хистæр. — Æз уазæджы разæй саг дæр нæ фехсдзынæн, ам æлдары фарн бæрзонддæр у, æмæ фыццаг бар уый,— уæздаи дзуапп радта Ходон. Тасолтаны æргъæвд цæсгом фæрухс æмæ пехуым- парау ралæхурдта: — Лæг у æппæты фыццагдæр хотыхтæй, уый фæстæ та зæх- хæй, хор æмæ фосæй! -42
— Ходон, ды та куыд зæгъыс? — йæ галиу цæст чысыл фæ- цъынд кæнгæйæ бафарста Айдарыхъо. — Лæг йæ ныхасæй лæг у,— цыбыр дзуапп радта Теде. — Уæд мыггаг та цæмæй у? — хынцфарст та йæ акодта зæ- ронд рувас. — Мыггаг та — лæгæй,— фæцырд та Теде æмæ хистæрæй- кæстæрæй схор-хор кодтой:«Амбылдта, амбылдта сæмпæрчъи Ходон!» Айдарыхъо куыси æмæ кады сгуы Тедемæ алæвæрдта. Хо-' дон хистæртæн арфæ ракодта, нуазæп æмæ сгуы та Хъанымæт- мæ алæвæрдта. Тасолтаны цæсгом калмы буарау ахъулон. — Уæдæ ма æххæст иу хъуыддаг фæбæлвырд кæнæм,— йæ зæлдаг рихи аздухгæ Тедемæ хнн каст бакодта Айдарыхъо. — Хъусын дæм, мæ уæздан фысым,— сахъ лæугæйæ фæ- зæгъы Ходон. — Уæлдай бузныг дæ уаин, ацы ерысты мæ мыггаджы но- •мæй архайыныл куы сразы уаис, уæд,— атылд зæронд арс хо- хаг цæргæсы бын. — Бузныг дæ уæздандзинадæй, Айдарыхъо, фæлæ æз мæ хъæу, мæ цытджын комы æууæнк нæ фæсайдзынæн. Уыдоны кадыл мæлæтмæ дæр цæттæ дæн! — уыди Тедейы дзуапп. — Бар уын ис уæдæ, бавзарут уæ хъарутæ,— загъта бадты хнстæр, æмæ дыууæ сагсуры нысануатмæ фæраст сты. — Бавзарæм уал фатæй, уæлæ нæ сæрмæ арвы цъæхы цæр- гæс зилы æмæ кæд дæ фат уый уонгты схаудзæн, уæд æй фехс,— ^æнæрвæссон хъæлæсыуагæй загъта Тасолтан. — Куыд æлдар, афтæ дын дыууæ æхсты бар. Æртыккаг æхст та — мæн. Тасолтаны дыууæ фатæй иу дæр йæ нысаныл нæ сæмбæлди. Теде арф сулæфыд, æрдыибос сындæггай æрбаивæзта, фат ныцъ- цъыгъгъуытт ласта æмæ сыф-сыфгæнгæ арвы талынгты сфар- дæг. Мæргъты паддзах фестъæлфæгау кодта æмæ сæрбихъуы- рæйттæгæнгæ зæххыл йæ тъæпп фæцыди. — Амбылдта, ам-былдта та Теде! — ныййазæлыдысты хæхтæ æмæ къæдзæхтæ фæсивæды хъæрæй. Уыцы боны ерыстæ ууыл ахицæн сты. Тедейы фарсхæцджы- тæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Тасолтан та дзы йæ емынæ федта. Дыккаг бон ноджы цымыдисдæрæй æрæмбырд сты фысым- тæ æмæ уазджытæ Урсдоны былмæ. Бон дæр та уыд фæпдо- ныл. «Æлдар — мæ богал», «Сæмпæрчъи та — мæ богал»,— цъыбар-цъыбур кодтой цъиутæ бæлæсты къалиутæй. «Дон фæ- цæуы, дур баззайы, нæхи Тедейæн уæлахиз»,— хæхтыл азæльь ди Сау хъæды уынæр. «Нæ тых, нæ цæрдæгдзинад Тедейы хай фæуæнт,— абухтой Урсдоны уылæнтæ. 43
Тасолтаны сау зæрдæйыл цыма дойнаг дур ныффæлдæхт, уыйау мæстæй ныттыппыр æмæ хинымæры æртхъирæн кодта: «Фæлæуу, хохаг сæмпæрчъи, æз дын дæ фæрсчытæ æддæг-ми- дæг ауайын кæидзынæн». Хъазæн фæзы алфамбылай фæсивæд цæгæй æрлæууыдысты. Кадджын уазджытæ æмæ фысымты хистæртæн уæлбылæй сæ бандæттæ æрхастой æмæ рæбыны сæ саджилсæр лæдзджытыл æнцойгæнгæ рабадтысты. Дыууæ богалы, куыд сын æмбæлд, афтæ сæхи æрфистæг кодтой. Зиллаччы бикъыл кæрæдзийы къухтæ райстой æмæ уæйгуытау кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Æрдзæй сыбыртт ыал хъуыетй. Æрмæст хъæбысæйхæцджытæн сæ къæхты бын зæхх рызти. Кæсгон богалы нуæрттæ тыххæстæй тулдз къуыдырæт- тау æлхынцъытæ кодтой. Цымæ чи амбулдзæи, къало’з æви æр- чъи, зæгъгæ, адæм сæ фæстæгтыл слæууыдысты. Уæлдæф сын нал фаг кодта. Æлдары фырт фыццаг фæлæбурдæй дæр бамбæрста, кæй та хæрд кæпы, уый æмæ, куыд пе ’мбæлди, ахæм фыдæвнæлдты- тæ кодта. Йæ бои куы цыдаид, уæд æй, æвæццæгæн, æд тъанг, æд тъунг аныхъуырдтаид. Теде та йæм фыццаг барæй лæмæгъ лæууыд, стæй йæ, гæды мыстæй куыд хъаза, афтæ йæ уæлных- ты ахаста. Тасолтаныл ахæм уынгæджы бон пикуыма скодта.. Йæ уд æрдуйау снарæг, фæлæ йын алидзыны мадзал дæр нал уыд. Иуахæмы бумбулинау уæлдæфы февзæрд. Уый фæстæ та йæ хохаджы тыхджын дзæмбытæ ацахстой æмæ зæххыл уæл- гоммæ йæ тъæпп фæцыд. Теде йæ армытъæпæнтæ æрцагъта æмæ Хъанымæты ’рдæм йæхи байста. Тасолтаны бæлæсты ау- уопмæ уадзыгæй бахастой. Æртыккаг бон дæр ма Тасолтаны буар фæхтыхостау дудыд- та. Йæ фыд æмæ йæ йе ’рдхæрдтæ хъазæи фæзмæ нал уагътой, фæлæ никæмæ байхъуыста. Аразгæ мпдбылты худгæйæ дзырд- та: «Мæн уæлбæхмæ чи амбула, ахæм лæппу пæма райгуырд». Хинымæры та йæ фæнд уыд фæзы астæу Тедейы сæр акъуырын. «Ме ’фсургъыл афардæг уыдзынæн æмæ-иу мын мæ фæдыл цæхх кæнæнт»,— йæхицаен иыфсытæ æвæрдта Тасолтан. Кæд ерысты æгъдау нæ амыдта, уæддæр æд хотыхтæ бабадт йæ парæгартæи дугъопыл æмæ хъазæн фæзы иу кæронмæ сир- гæ бацыд. Гуыры кондæй ницы зæгъæн уыд Саулохты æрыгоп æлдарæй. Йæ фæтæн риуæй сызгъæриндоны тылд бæрцы сæр- тæ стъалытау æрттывтой. Туасбындзау æлвæст ронбастæй тæ- мæптæ калдтой зынаргъ æхсаргард æмæ хъама. Тедейæп дæр йё ’мбæлттæ йæ сау хъама райхалын пал бауагътой, афтæмæй уариау Хъанымæты цъæх бæхыл абадт æмæ фæзы иннæ кæ- ропмæ сæппæй бацыд. Ацы нæртон хъазты нысаи уыд, ныхмæ- 44
лæууæджы саргъæй зæхмæ аппарын. Фæлæ Тасолтанмæ æндæр фæндтæ уыд. Мыр-мыраг иу зæлланг ныккодта æмæ барджытæ фæйнæ æртæ зылды æркодтой хъазæн фæзы, бæхты батæвд кæныны тыххæй, æмæ та пыхæй-пыхмæ сæ бынæтты æрлæууыдысты. Та- солтаны донхуыз цæстытæ туджы зылдысты.^Йæ сæры фæхстæ йын цыма исчи сарт æмæ мысалгъæй хоста, афтæ дзæхст-дзæхст кодтой. Йæ цæстытыл уади, ныртæккæ дæлæ хъазæн фæзы ас- тæу йæ фыдгулы сæр тугкалгæ куыд асхъиудзæн, уыцы ныв. Йæ сау хъуыдытæй йæ фæцух кодта дзæигæрæджы дыккаг хъæр. Барджытæ сæ бынæттæй фесхъиудтой æмæ зпæт дыууæ фырау кæрæдзимæ сæхи аппæрстой. Теде йæ ныхмæлæууæджы алы фезмæлд дæр айдæнмæ кæсæгау уыдта. Нæма дзы ферох Пахсæны скъола æмæ хииымæр арфæ кодта йæ ахуыргæнæг Ботасæн. ’ Иу бæхы агæпп ма се ’хсæп уыдаид, афтæ Тасолтаны къæдз æхсаргард Ходон богалы сæрмæ арвау ферттывта. Фæлæ йын фæтæнкомджын хохаг хъама йæ хъавд фæсайдта æмæ ма кал- мау æхситгæнгæ, йæ цыргъ бырынкъ Тедейы галиу уæхсчы фæ- сагъта. Адæмæй бирæтæ сæ цæстытыл пыххæцыдысты æмæ уæз- зау ныв феныны тæссæй ракæсып нал уæндыдысты. Куы рака- стысты, уæд федтой ахæм ныв: Теде Саулохы фырты йæ сар- гъæй стыдта, хоры куырисау æй йæ сæрмæ бæрзонд систа, фæ- зы æртæ зиллаччы гæппуадæй æркодта, гъестæй Тасолтаны кадджын хистæрты раз гæдыйы лæппыпау æрæппаргæйæ загъта: — Мæнæ дын нæ фысымты хатыр уæд, уазæг! — æмæ иуварс ацыдис. Хъанымæтитæ йыл амбырд сты æмæ йын пæ цъæррæмыгъд уæхск карз арахъæй æрæхсадтон. Хъуыстысты мæстæймарæн хъæртæ: — Хæцаг галæп йæ сыкъа сæтты! — Хъазтхалæг гæбæрдымæг, гæдыйы къах йæ дæлдымæг! Ерыстæ æпкъардæп ахицæн сты, фæлæ кафт æмæ зард стынг сты. Минас дæр та йæ тæккæ тыпгмæ бахæццæ, фæлæ Кæсæ- джы уазджыты иицыуал æндæвта æмæ фæллад бæхау сæ был- тæ æруагътой. Теде йæ фылдæр рæстæг æрвыста кафæг фæси- вæды ’хсæн. Æлдæрттæ йæ æндахау се ’нгуылдзтыл тухынмæ хъавыдысты, фæлæ йын пæ зæрдæмæ дæгъæл куыиæ ссардтой, уæд загътой: «Амæн Уæрæсейы мулкæн дæр балхæнæн нæй. Чи фæтаса, ахæм бæлæстæй иæу, æгæр хъæбæр у».— Фæлæ йæ æпæ аипп, æнæ исты гаккæй ауадзын сæ зæрды нæ уыд. Елдзарыхъо расидт хъазтæй Тедемæ æмæ йæ дæлæуæз бад- джытимæ æрбадын кодта, хуынд уазæг дæ ды дæр æмæ нын 45
нæ хойрагæй саход, зæгъгæ. Ног æрбадæджы уæле цы æртæ лæджы уыди, уыдопæн сæ фынджы хай æнæхъæнæй дæр сæ разы уыди. Æгъдаумæ гæсгæ Тедейы номыл къæбицæй хъуамæ хай рахастаиккой, фæлæ Елдзарыхъо уыцы фæтк барæй ферох кодта. Рæгъытæ сæ иуæй сæ иннæ карздæрæй цыдысты. Уалынмæ хистæртæм ныхас схæццæ; ходон гуыбын, дам. цæндыл хоинаг, Уæд дын æм уæлæмæ фæсидтысты æмæ йæ бафарстой: — Нæ буц уазæг, кæстæртæ дæ хъаст кæнынц, рæгъытæ дам нуазы, фæлæ дам фынгмæ не ’вналы. Зæгъ-ма, дæ ахсæи фæхус, æви нып нæ къæбæрыл не ’рвæссыс? Теде мидбылты фæлмæн бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Фарн уæм бадзурæд, нæ уæздан фысымтæ, мæн æрæ- джиау æрбадын кодтой, мæ номыл ацы фыигмæ хай нæ рахас- той æмæ искæй хаймæ та куыд бавналон? «Ай, æвæццæгæн, авд домбайы дæр нæ басæтдзысты, фæлæг багъæц, æз дын мæ цæргæстæн дæ пакъуы ацæгъдын кæндзы- нæн»,— хинымæр бартхъирæн кодта Айдарыхъо æмæ уазæгæн хай рахæссын кодта. Иннæ Хуыцаубон дæр та æрхæццæ. Уæздан фысымтæ сæ уазджыты ’фæндараст фæкодтой зæрдылдарæн зынаргъ лæвæрт- тимæ. (Уæдæй фæстæмæ баззад ныхас: «Ходон гуыбын цæндыл хоииаг». Йе ’цæг мидис фæлтæртæй байрох, æмæ ныр уыцы ныхас исчи куы фехъусы, уæд цыма Ходон гуыбындзæл у, аф- тæ йæ фембары.) Тедейæн дæр йе ’ртæ хæзнайы йæ къух куы ссардтой, уæд фысымтæн арфæ ракодта, хæрзбои сын загъта æмæ йæ фæн- даг Хъанымæтыл фæзылдта. Айдарыхъо йæ фæдыл кæфхъуын- дарау ныккаст æмæ йæ хъал фырттæн цæстæй ацамыдта. Фырт- тæ йын йæ зæрдæйы уаг бамбæрстой, семæ ма Хъарабугъаты Созойы айстой, æмæ æртæ барæджы Суары комы уæлæмæ тъæбæрттæй сивгъуыдтой. Хъанымæт Тедейы Ногъайы мæсыджы онг схæццæ кодта. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ алчи йæ фæндагыл араст. Тедейы рамбулæггаг бæх нарæг къахвæндæгтыл йæ рæсугъд сæрæй хъазгæ цыд. Барæгæн йæ балцы фæндаг кæрæй-кæрои- мæ йæ цæстытыл сбадт æмæ арф хъуыдыты аныгъуылд: «Нæ, мæнæйуый, мæ фæндаджы сæр сырдты тугæй сахуырст æмæ дæхиуыл мама феууæнд. Ходы Уастырджи, мæ гыццыл Биазыр де уазæг»,— фæдзæхста йæ сидзæр сабийы барæг. Згъæр худы тъæпæнмæ куы схæццæ, уæд фæлтæрд цуаноны хъустæ цыдæр уырæр ацахстой. Бæх дæр йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ йæ къахайст аивта. Теде уæлвæндагмæ куыд фæкаст, афтæ йыл архъан уæлбылæй ратахт, фæлæ бæласы къалиуыл фæныдзæвд 46
æмæ йæ нысанæй чысыл фæивгъуыдта. Уадидæгæн æртæ хотых- джын барæджы Елдзарыхъо, Мысост æмæ Созо кардæлвæстæй йæ алыварс февзæрдысты. — Гъе сæмпæрчъи, сыстрагъ, махæй уари стæг куынæ хæс- сы! Кæд ма дæ Ходы æфцæгæй бакæсын фæнды, уæд нын нæ* бæх суадз, нæ дзауматæ нын æрæвæр! — фæхъæр кодта Елдза- рыхъо. Теде æхсаргардæй йæхи хъахъæнгæ йæ фæндаг асыгъдæг кæныныл ацархайдта, фæлæ йæм æртæ æдзæсгом барæджы хъазуат куы сарæзтой, уæд Згъæрхуды тъæпæны карды цъыч- чытæ сарæх сты. — Ма кæнут, хуыздæр уын нæ уыдзæн, ауадзут мæ мæ фæн- дагыл,— йæхи иргъæвгæ лæгъстæ кодта Теде, фæлæ йæ æгæр> куы .батыхсын кодтой, уæд сæ æрсырдтытæ кодта. Нæ йæ фæндыд туг ныккалын, сæ фæндон дæр сын сæххæсг кодтаид, фæлæ уæд йæ худинаг та? «Мæ хъæубæстæ, нæ цыт- джын комбæстыл æвзæры гакк сбадыны бæсты фæлтау хъазуа- ты мæлæт...» — хъуыдытæ æндон кæрдты цæхæртимæ йæ сæры: зылдысты. Нæ йæ ауадздзысты, уый бæлвырд куы бамбæрста,. уæд æгъдæнцæйттыл алæууыд æмæ, иу къухы æхсаргард, иннæ- йы хъама, афтæмæй тыхгæиджытыл тымыгъау ныффуттытæ кодта. Знæт бæхтæ дæр-иу сæ фæстæгтыл алæугæ, раззæгтæй кæрæдзийы æрхостой. Æртæ лæджы иуæн æфсад сты, æмæ Те- дейыл тыгъд быдыр скъуындæг. Йæ бæхы галиу хъус дæр ын* æмбисыл атæхын кодтой æмæ йæ туджы пырхæнтæ фæйиæрдæм тахтысты. Теде хъама йæ дзыхмæ айста, æмæ йæ фарсылдарæн цуанон кард уæлдæфы ныхситт кодта. Цыргъаг Мысосты зæр- дæсæр сæмбæлд æмæ лæг йæ бæхæй зыгуымы голлагау æрхауд. Нал федта, се ’хсæн Хъанымæт уарийау куыд скуыси, уый. — Гъе, уаих æрбауат, уазæгхортæ! — азæлыд йæ хъæр, æмæ сæ иргъæвыныл афæлвæрдта, фæлæ тох æгæр скарз. — Иуварс, саухъус кæвдæсард! — йæхи йыл æрбаскъæрдта Елдзарыхъо æмæ йыл кард уæззау æруагъта. Хъанымæт рæвдз. йæхи фæсайдта, фæлæ йын алмаси карды фындз йе уæхсчы пырх акалдта. Уыцы рæстæг Теде Созойы къуыммæ бахаста. «Аппар дæ кард, хъамылы хуы!» — зæгъгæ, йыл куы фæтъæлланг кодта, уæд фæстæрдыгæй йæ сæрмæ Елдзарыхъойы мæлæтхæссæг кард ферттывта. Фæлæ уыцы уысм Хъанымæты фæринк кал- мау ныхситт кодта æмæ æрыгон æлдары сæр къубалмæ афаста. Уыцы уæззау нывы уындæй Созойы зæрдæ ныккæрзыдта, йæ бæх фæзылдта æмæ Хъанымæты йæ хъæлæсы ахаста. Фæлæ Тедейы æндон хъама йæ дыууæ уæны астæу сæмбæлд æмæ йæ цыргъ бырынкъ риуы стæгæй акаст. 47
Згъæрхуды тъæпæны карз тох æрмынæг. Сау мигътæ кæ- цæйдæр фæдисæттау февзæрдысты æмæ ставд цæссыг калгæ ЛЗадилаты мæрдты алыварс цоппай кодтой. Арв сыл гæрах’ гæ- рахæй ралæууыд æмæ уазал мигь уæларвон цæссыгæй æртæ .мардæн сæ туджы пырхæитæ æрæхсадта. Фæлæ къæвда бирæ нæ ахаста. Дымгæ кæцæйдæр къулбадæг усау ралæбурдта æмæ мигътæ хъæды къуымты ныппырх сты. Бон раирд. Сырхы лæ- гæтæй æртæ сынты стахт æмæ хъуахъ-хъуахъгæнгæ Къорайы ’рдæм сындæггай сæхи ауагътой. Æвæццæгæи. Бадилаты нæр- тон куывды уæлдæйттæ хæрынмæ тагъд кодтой. Хъанымæт йæ цæф бæттын нæ бауагъта, афтæ хуыздæр уы- дзæн, иауæд мыл фæгуырысхо уыдзысты, зæгъгæ. — Бузныг, мæ зæдыхай,— ныхъхъæбыс ын кодта Теде.— Яскуы дæ лæджы сæр куы бахъæуа, уæд-иу Стыр Мызурмæ ме ’рдхорд Сохиты Сæхуыгмæ хабар кæн. Уый мæ кæмфæнды дæр ссардзæн,— йæхæдæг рог стахти йæ бæхы рагъмæ æмæ комы -фæхæрдмæ. Бон æрцъынд фæлладæй, йæ сау пымæты йæхи æрбатыхта. Хьанымæт тугæрхæмтæй Къорамæ ныххæццæ. Хъуыбадтæ æмæ Хъæрæбыгъатæм сау хабар бахаста. Айдарыхъо йæ сæр лæдзæ- гæи хойгæ нынниудта, мæ хъæбулты кæфхъуындарау мæхæдæг бахордтон, зæгъгæ. Рæстæг састбазыр халонау сындæггай хылд. Къора æмæ Ходы ’хсæн бæрзонд æфцæгыл хæрæмигъ йæ сау фист æнæвгъау калдта, æмæ дзы Тедейы тугвæд æмбæхста. Цалдæр лæбурды .æрбакодтой Бадилатæ Ходмæ,. фæлæ хъæу æмзонд уыдысты, æмæ-иу фæстæмæ тугæрхæмтæй лидзæг фесты. Лæгдыхæй сæ армы куы ницы æфтыд, уæд сусæгæй архайып байдыдтой. Къæс- сайы комыл хæцæг та сын фæцис Тхамоныхъæуккаг бæсты иб- лис Габысты Газакк. Лæбурдтытæ æгæр куы сарæх сты, уæд Теде йæ хъæбул Бпа- зыры Сидæмопты æвджид бакодта, йæхæдæг та æхсæвыгон Тибмæ йæхи айста. Уым йе ’мцуанон, йæ фырты помæвæрæг Боциты Биазырмæ æрфысым кодта. Фæстæдæр уым йæхицæп хæдзар сарæзта, ног бинонтæ æрхаста, цард ыл фæхæцыд æмæ цоты быгь фæци. Иæ байзæддæгтæ абон дæр кад æмæ радæй ^æссынц сæ нæрæмон фыдæлы ном — Тедетæ. Биазыр дæр Дæйыхъæуы арф уидæгтæ ауагъта, арсау хъæ- булджыи разыид æмæ уый цотæй та рантыст Биазырты мыг- гаг. Сæ мыггаджы мæсыг ма абон дæр Дæйыхъæуы æвдисæнæн лæууы. Тедейы фæд агурынæй Газаччы ницæйаг уд æрдуйæ нарæг- дæр сси, фæлæ хъуахъдзыхæй баззад, афтæмæй фондз азы фондз тымыгъон бонау агæпп ластой. Сидæмонтæ та йæм æрт- 43
хъирæи бакодтой, пæ хæрæфырт Биазыры сæрæй æрду дæр æр- хауд, уæд сар дæ сæр кæпдзæн, зæгъгæ. Иуахæмы та Хъуыбадтæ Газаччы къуымы куы бакодтой, уæд сын фæзæгъы: — Цы уæлдай уып у, нæ зопыи. Уæлæ Сау хъæды Саухал- ты скъæтты Уæлладжыры комы рæгъаугæс Едзаты Дзамболат Хъайтыхъты хæрæфырт куы у. Æрмæст æм Елиатау арвы хæ- тæл ис æмæ дзы уæхи хъахъæпут. Дыккаг бон тугисджытæ дыууадæс барæгæй тархъæдь: ба- фардæг сты æмæ сæ иых сарæзтоп Саухалты скъæттæм. Нысан быпатмæ бахæциæ сты æмæ пу тæрфы æрбынат кодтой. Уырлы- гæй сæ иуы пуаионы хуызы сгарæг барвыстой. — Фысымтæ, ам стут, уазæг пæ уадзут? — бахоста уæтæпы дуар. Æпафопы уазæгæн «æгас цу» загъта Дзамболаты I \п æг фырт Æрæф. Æмæ йæ пыллæг арты фарсмæ æрбадын ы:та. Лæппуйыл кæд æхсæрдæс азы йеддæмæ иæма цыд, уæддæр ба- кастæй прсау хъамбулджып уыдпс. Сау æрфгуыты бынæй дыу- уæ зыпг цæсты уæидон æрттывд кодтой. Йæ фæтæн уæхсчытæ, йе ставд къабæзтæ пын уæпыгæпгæс лæвæрдтой. Йæ фсзмæлд йæ фыдау рæвдз, пæ хъæлæс æрвнæрæгау кодта, æмæ дзы уизæ- джы уæнгтæ барызтысты, фæлæ йæ тæппуддзннад æмбæхсын бафæрæзта. Аивæп лæппуйы къахын байдыдта: — Цæй иупæг дæ ацы тархъæды астæу, куыд уæндыс? — Иупæг нæ дæп, мæ фыд мемæ вæппы. — Æмæ кæм ис? Дæлæ Хуыры комы арс амардтон æмæ мæм фæкæсид. — Уый абоп пæхимæ Ходмæ хæрппаг хæссынмæ ацыд, соми- зæр æй ардæм хъæуы, фæлæ цом, æз дæр дæм фæкæсдзынæы,— фæцырд Æрæф. Бадплопы дæр ма æпдæр цы хъуыд. Афтæ уал фæлæуу, зæгъгæ, уæтæрæй рауад æмæ йæ тых- нæ бонæй пыхсптт кодта. Уайтагъд уæтæры лæгдоп тыхгæнджы- тæй айдзаг. Лæппуйæп йæ цыппæртæ æнгом абастой æмæ тæр- хопы æрбадтысты. Сæ пуы фæпд уыд: — Лæппуйы бастæн ныууадзæм æмæ фосыл кæсæджы ’рдæм ахъæр кæпæм. Фæлæ Саулохы-фырт мæнгард Тасолтап йемæ не ’сразы æмæ афтæ зæгъы: — Тагъд пыртæккæ — кусарт! Ахсæв-бопмæ фæмипас кæ- нæм. Боп куы ’рбарухс уа, фосыл та уæд ахъæр кæндзыстæм, пауæд æхсæв пыхсы ныдздзæгъæлтæ уыдзысты. Уыцы фæпдыл се ’ппæт дæр сразы сты æмæ минасмæ сæ дыстæ бафпстæг кодтой. Уыд æмбисæхсæв. Бонвæрпон стъалы Ходыхъæуы сæрмæ фæдисы æрбацыд æмæ дыдзы тыптæп зыр-зыргæпгæ Едзаты 4 Мах дуг № 11—12 49
Дзамболаты гæпахы фæрстæ пыххоста. Фæлæ йæ уыцы афоы Авд хойы йеддæмæ чи уыдта. Дзамболат фыдфынты хай фæци. Цыма мæрдты цъну ца- вæрдæр æиахуыр арф комы пæ сæрмæ зылд æмæ тугæвдылдæй йæ дзæмбыты Æрæфы сæр рахæсс бахæсс кодта. Дзамболат йæ фæдыл хъæргæпгæ уад æмæ йæ. ныр рацахса, зæгъгæ, афтæ цъиу сæрыкъуыдыр феппæрста æмæ талыпг арф дзыхъы цъæ- хахстгæигæ афардæг. Дзамболатæп йæ сурхид акалд æмæ йæ хуыссæны пуртийау хæрдмæ фæхауд. Раст уыцы рæстæг, «Дзам- болат, уæ Дзамболат!» — æртæ хатты æрбахъæрчыпдæуыд. Дзамболат фæсæррæтт ласта æмæ йæм рауад. — Бирæ ныхэестæп фадат иал ис. Æхсæз Бадилопы æмæ æхсæз кæсгон æлдары дын дæ фырты сбастой, боны цъæхтыл дып дæ фосыл ахъæр кæпдзысты. Æз дæн Сау Хъанымæт, Ба- дилаты кæвдæсард,— бамбарып кодта æнафопы барæг. Дзамболат арвыхæтæл раскъæфта, æмæ ^дыууæ барæджы уадидæгæп мæйдары апыгъуылдысты. Уæ, уыцы фыдрайсом, уыцы... Фæлтау хуры дуар куы фех- гæд уыданд, æмæ ма фæсхох иучысыл куы афæстиат уыдапд. Уæтæры кæрты тъæпæн дуры уæлæ фыдгæпджытæ акусарт кодтой æнæтæригъæд лæппуйы. Йæ рæсугъд сæр ын йæ фарс- мæ æрæвæрдтой æмæ фосыл сæныччы хъусы опг ахъæр кодтой. Дзамболат уæтæрмæ куы ’рхæццæ, уæд ма, мæгуырæг, Æрæфы æнæуд буар хъæрмуст уыдис. Дæллаг Хуыры комырдæм фос апкъуысыдысты æмæ сæ хъæ- бæр сæфтджыты бып, уымæл зæххы нæудзарм æмбыд къæри- ты хъуыпау лæбырыди. Фæллад фос æмбис бои Хæлпу хохы дæлбазыр батыгуыр сты. Барджытæ цъиахты доПы был æрфис- тæг сты æмæ сихоры ламаз куыд кодтой, афтæ арв цыма нын- нæрыд, уыйау къæдзæхы аууопæн хъæр райхъуыст: — Гъей, уæздап æлдæрттæ; уæ тугæйдзаг чъизи къухты ла- маз уын Мæхæуæт-пехуымпар пæ псы. Мæ фырты хурхыл уæ кард чи сдардта, уый ма йæхиуыл схæцæд! Тыхгæнджытæй иуæп йе ’ккой цыма галы мард уыд, уыйау æнæбары куы схъил, уæз, топпы гæрах арвау пыннæрыд. Тасол- таи-æлдарæн пæ сæргæхц къоппайау кæдæмдæр фæтахт, æмæ пæ уæззау гуыр куырисау сау нымæтыл æрфæлдæхт. Иннæтæ, нæ Хуыцауы хай пыл р-ахатт, зæгъгæ, ламазгæпгæ зопгуытыл куыд бадтысты, афтæ уæларвоп тыхы тæссæй сæ быпæтты бауа- дзыг сты. Дыууæ хатты та поджыдæр нынпæрыд арв, æмæ къухтæ, къæхтыл хæцджытæ дæр куы фæуæлгоммæ сты, уæд бæсты пблис Газакк допыбылты дæлæмæ гуыбыр-гуыбыр пыб- быпдз, фæлæ йæ арвы иииæ цæф афæлдæхта. Иннæ аст тых- гæиæджы нæма æрчънцыдтой, афтæ сып Дзамболат сæ цæигтæ 50
фидар сбаста, сæ бæхтыл сæ сæвæрдта æмæ сын бафæдзæхста: — Иуы дæр уæ удæгасæй бæргæ иæ ауадзин, фæлæ, йе ’на- хъом лæппуйы туг уал лæгæй райста, зæгъгæ, мын исчи куы бафидис кæна. Цæут ныр æмæ-иу махырдæм фæидаг ферох кæ- нут. Фæлæ бирæгъ йæ кæнон кæд ныууадздзæн. Æмбисонд та зæгъы: «Искæмæп дзыхъ чн фæкъахы, уый дзы йæхæдæг пыххауы». КУВÆНДÆТТÆ Хуыцауы дзуары кувæндон уыдпс хъæуы бæрæгастæу къуы бырыл Уачъыты сыхы. Йæ помыл-иу афæдзæй-афæдзмæ, мидæг- хор, мидæгдопæй хастой пывонд гал. Сфыхтой-ну былтыл хæц- гæ бæгæпы. Куывды пæм цыдысты хорфыцæн мæйы дыккаг хуыцаубон. Гал-иу аргæвстой æмббнды мидæг. Фыдызгъæл фых- топ цæпгæт дынджыр агты сæрмагопд æвзæрст лæгтæ — лæ- гæфсиптæ. Куывддзаутæ куыд цыдысты, афтæ сæ кувипаг æртыгай кæрдзынтæ хъæдын тæбæгъы æвæрдтой дзуары лæджы раз. Уый сæ акувы, сæ сæрыл урс бæмбæджы тыхт мысайнаг сисы æмæ чънритæ къæбицмæ æрвиты. Куывды фынгыл æппæты фьшцаг, хистæрты раз æрæвæ- рынц æртæ чъирийы, сæ уæлæ ма поджыдæр æртæ æртæдзыхо- ны. Цымæ цы пысан ис уыдопæн? Ходы зæропд лæгтæ-иу сæ амыдтой афтæ: æртæ тымбыл кæрдзыпы сты хур, зæхх æмæ фурды пывтæ. Уыдон та, дам сты Хуыцауы æртæ цæсгомы: фыд, йæ фырт æмæ сыгъдæг уд. Æртæ æртæдзыхопы та сты дзывыры æфсæпы нывтæ нæ рагоп фыдæлтæп уыцы хæзна ба- лæваргæнæг зæд Сафайы помыл. Уыдоп дæллагфарс сæр æмæ бæрзæй æвдисынц нæ рагоп фыдæлты фыдгулы кард æмæ фа- тæй бахизæг æфцæгимæ къæдзæхтæ ’мæ æвæрд вæййынц Иры хæхты бардуаджы номыл. Йæ кувæндон ис Ходы хъæуы, Гуы- дырты комы сæрмæ. Сæримæ æвæрд цæуыпц кусарты базыг æмæ æвзаг дæр. Базыг арфæйы нуазæнимæ адæттынц кæстæртæм. Йе стæг уы- донæп тыхфæлварæн у æмæ йæ фæстæмæ хистæрты размæ æр- бадæттынц дыууæ дихæй. Махмæ йæ састой уæрагыл, дыууæ къухæй. Æвзаг дæр уыди кæстæрты хай æмæ пу сæм æй алæ- вæрдтой хапгай, ома мæлгъæвзаг ут. Кусарты сæры фыд, уæл- дайдæр та йæ магъз, Ходы сылгопмæгтæп табуйы хуызæн уыд æмæ дзы нæ хордтой. Кусарты уæпгтæп фынгыл хæйттæ куыд æвæргæ сты, уыц хъуамæ лæг-æфспптæ зопоп. Ллы æртæ лæгæи дæр, цæххы опг 51
цы хæлц æрæвæрынц, уый хуыйны фынгæвæрд. Хистæрты раз, фыццаг фондз фынгæвæрды-иу Ходы æвæрдтой æнæмæигæй син, мæкъуыстæджы æмæ фæрсчы хæйттæ. Уымæй дæлæмæ та, куыд арæхсай, афтæ. «Нард уарай», зæгъгæ-иу чи фæраздæр, уый размæ ма-иу лæууæг æрæвæрдта уæлдай ахадгæ хай. Бæрæгбоны куывды фæткхæссæг уыди дзуары лæг, бадти- иу æппæты уæле фынджы ныхмæ. Кувгæ кодта лæугæ, гомсæ- рæй. Иæ галиу къухы физонджыты уæхст æртæдзыхои чъири- имæ, рахизы та бæгæпыпы къус. Куывддзаутæ-иу се ’ппæт дæр слæууыдысты худаистæй æмæ æмдзыхæй хъæр кодтой — «ом- меи, Хуыцау!» Дзуары лæг куывта: — О дупе рафæлдисæг, пытджып Хуыцау, нæ кувинæгтæ дын барст уæпт æмæ пæ де уазæг бакæ! — Оммеп, Хуыцау! — Де скопд зæдтæ ’мæ дауджыты хорзæхæй дæ кувæг адæм хайджып уæпт! — Оммеи, Хуыцау! — О рухс Мадымайрæм, пæ куывд нын адджыпæн айс! — Оммеи, Хуыцау! — Адæмы мад дæ, æмæ пын цы сабптæ радтыс, уыдон-иу цæрипаг, амондджын фæкæ! — Оммеи, Хуыцау! — О Ходы бæрзопдыл бадæг цæхæрцæст Уастырджи, нæ ку- винæгтæ дын барст уæнт! — Оммеп, Хуыцау! Æргом зæд дæ, æмæ ыæ оммспгæпджытæ нæ уæлхъус куыд уой, нæ бæлццæттæ фæндараст куыд кæной, ахæм арфæ нын ракæ! — Оммеп, Хуыцау! — 0 Хуыцауы дзуар, табу дæхицæп! — Оммеп, Хуыпау! — Уæлæрвты минæвар вæййыс æмæ цы хорзамæндтæ ’рхæс- сыс, уыдонæй нын хай бакæ! — Оммен, Хуыцау! — О, стурвосы бардуаг Реком, пæ кувиыæгтæ дын барст уæпт! — Оммен, Хуыцау! — Гал пывæпдтæ дын куыд кæпæм, ахæм арфæ нын ракæ! — Оммеп, Хуыцау! — Зджыды рухс Аларды, пæ кувинæгтæ пып адджыпæп айс! ,— Оммен, Хуыцау! — Дардмæ дæм кувдзыстæм, хæстæгмæ иæм ма ’рцу æмæ нæ чысыл сабитæ де ’уазæг! 52
— Оммеп, Хуыцау! — Тутыр, нæ кувинæгтæ нын адджыпæп айс! — Оммен, Хуыцау! — Нæ бирæгъы хай дæр сæфт куыппæ уа, ахæм арфæ ный ракæ! — Оммеи, Хуыцау! — Хæхты бæрзонд бардуаг, нæ ку&инæгтæ дын барст уæнт! — Оммен, Хуыцау! — Нæ алыварс цы адæмтæ цёеры, уыдоп хорзæх дæр пæ уæд! — Оммен, Хуыцау! — Æвриагъд, иæ кувинæгтæ дын барст уæпт! — Оммен, Хуыцау! — Мигъты бардуаг дæ æмæ пæ хус рæстæгæй бахиз! — Оммен, Хуыцау! — Хоры Уацилла, иæ кувнпæгтæ нын адджыпæп апс! — Оммен, Хуыцау! — Дæ тыллæгæй хорæфсис куыд уæм, ахæм арфæ нын ракæ! — Оммен, Хуыцау! — Фосы Фæлвæра, нæ кувинæгтæ дып барст уæнт! — Оммеп, Хуыцау! — Дæ радтæг фосæй æфсис куыд уæм, ахæм арфæ нын ракæ! — Оммен, Хуыцау! — Уæ Цæразонты Сидæны Мыкалгабыртæ, дæ хорзæх нæ уæд! — Оммен, Хуыцау! — Бæркаддæттæг дæ æмæ, пæ уæлвæзтæ фосджып куыд уой, иæ дæлвæзтæ — хорджып, ахæм арфæ пып ракæ! — Оммеи, Хуыцау! — Фыдбылыз сафæг дæ æмæ нæ фыдбылызтæ сæфт куыд уой, амæпдтæй та хайджын, ахæм арфæ нын ракæ! — Оммен, Хуыцау! — Кувджыты кувæг Хъæрæмыс, гъæйтт кæстæрты сæрæн- дæр, мæпæй чи ферох, уыдон та ды ’рæмыс! — балхынцъ-пу кодта фыиджы хистæр, æмæ йæм-иу фæсивæдæй чи фæцарæхст, кувинæгтæ уый къухы фæсагъта. — Дæ куывд барст уæд,— цыбырæй-иу загъта аходæг æмæ- иу уæд куывддзаутæ æмхуызонæп æрбадтысты. Ходон лæгæн улæфыны рæстæг бирæ пæ уыдп. Хæдзары скъæтыдзаг фос куы уа, уæд сæ æхсæвæй-бопæй рæвдауып хъæуы. Хуымзæххытæ æмæ уыгæрдæнтыл дæр сывæллонау куынæ аудыдтаис, уæд тæргай кодтой, æмæ уæд — гомрагъ, æх- хормаг. Кæй зæгъып æй хъæуы, ныры дуджы фæлтæртæп, уый зып бамбарæн у, фæлæ уæд æнæхъæи Иры зылды иу дукапи дæр 53
нæ уыди. Дæ зæххы г&ппæлæй цы снстаис, уый дæу балхæнæи никуы ницы уыдис. Уæлæйы дарæс дæр къахæй-сæрмæ алчи кодта йæхи хæдзары, къуымбилæй, цармæй æмæ æрчъиагæй. Куыстытыл пс ’ххæссыдысты æмæ-пу ходоп сывæллон къахыл цæуынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ йæ æфтыдтой хæдзары исты архайыныл. Хъазыпмæ ннкæй æвдæлд. Уымæ гæсгæ адæм, стырæй-чысылæй бæллыдысты бæрæг- бонтæм, фæлæ бахæрып æмæ баназыпы тыххæй нæ. Сæ мидис уыдис хъæубæсты æркаст, кæрæдзиуыл бацин кæиын, кæрæ- дзийæн зæрдæйы дуæрттæ баптындзып. Чи дзы йæ арæхстдзи- над кафын , æмæ зарыпæй æвдыста, чи цыргъзопд иыхасæй. Гуыбындзæл, расыггæпаг уыдис уаллопæй æгаддæр. Алчи дæр тырпæг уыд кадмæ, æгъдаумæ. Цыфæнды фыпгæвæрды дæр Ходы кæстæртæ хибарæй ни- кæд бадтысты. Уымæп æмæ зыдтой, хистæр зопд тауæг у, кæс- тæр та зонд ссивæг. Куынæ фепай, куы ницы фехъусай, уæд дам зоид цыбыр кæны, æвзаг — къуымых æмæ уæд гæмæх уыгæрдæны цы ’ркæрддзынæ? Ходон æгъдаумæ гæсгæ, цалынмæ къæбицы хистæртæ бадты хистæртæм арфæйы нуазæнимæ рацыдаиккой, уæдмæ зарыны бар иикæмæн уыд. Кæд ахæм хъæлдзæгдзинад æмбæла, уæд уыдон æртæ хистæрæн сæ пуазæнтæ къæрцц æмдзæгъдæй бана- зын кæнынц. Зарæг уæле бадджытæй исчи айсы æмæ уæд — дæ хъару ’мæ дæхæдæг. ФЫРЫДУР Кæддæр, дам адæм мæнг ныхас пæ зыдтой, гæды ныхас сæм нæ уыди. Æууæпчы уыйбæрц фарн уыдп æмæ-пу зæдтæ адæмы ’хсæнмæ æргом рацыдысты. Фæлæ гæбæр фыс алы дзу- джы дæр фæзыпы. Фырыдуры кувæпдои Ходы хъæуы Уæллаг кæроп ис. Уый у хъæубæсты Сæрызæд æмæ пæм алы аз дæр куывды цыдысты Кæрдæгхæссæнты размæ сабат бон. Р1æ сæрмæ-иу фæстæты æрбахызтысты æмæ йыл æргæвстой урс уæрыччыта\ Табутæ йын кодтой, сæхи йыл фæдзæхстой. Урс фыр дæр нæ кувæг адæмы быитон дзæгъæл иæ уагъта. Кæд-иу тыхгæпджытæ Ходмæ ныббырстон, уæд дам-иу Фы- рыдуры быпæй æпæнхъæлæджы расæррæтт ласта. Зпæгтыл-иу йæ фыпдзæй пыффутт ласта æмæ-иу сæ йæ дымгæ хус сыфтæр- гау. фæстæрдæм ахаста. Фырыдуры сæрмæ ис Сусæны фæз. Уым дам иу ахæмы рæуæдгæс Цыфыддæр хъазынæй куы бафсæстн, уæд рындзыл 54
сбадт æмæ йæ зачъетæ здухгæ хъæуырдæм фæлгæсыд. Æмбн- сонды дурмæ куы фæкомкоммæ, уæд æдылыйау бахудт а\мæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: — Фæ-æдис! Урс фыр дуры бынæй расæррæтт ласта æмæ, тыхгæнджы- тыл йæ цæст куыпæ ’рхæцыд, уæд адæймаджы хъæлæсæй фæ- дисгæпæджы бафарста: — Чердæм фæдис? — Фæдис ничердæм нс, хи-хи-хи,— æдылыйы худтгæнгæ пы’й дзуапп радта Цыфыддæр. — Уæдæ лæджы ныхасыл кæд æууæпк пал пс, уæд æз фæ- дисмæ пикуыуал рацæудзыпæн. Ды та уым, дæ родтимæ цавд* дур фсст,— пыррызти мæстæй Урс фыр æмæ фæдæлдзæх. Арв пыннæрыд æмæ сайæгойы Хуыцауы ард æркъуырдта. Уæдæй иырмæ Цыфыддæр йæ родтимæ цавддурæп лæууы Су- сæны был. Урс фыр дæр уæдæй фæстæмæ пал фæзыид. ХОДЫ УАСТЫРДЖИ Бирæ куырыхон, мæлгъæвзаг зæроид лæгтæ æрыйпæфтон иæ хъæуы. Ныр дæр сæ куы æрымысын, уæд. цыма уæларвæн æр- тæхгæ зæдтæ æмæ дауджытæ уыдысты, афтæ мæм фæкæсы. Ныхасы бадгæйæ-иу сæ диссаджы таурæгътæ дзурын куы бай- дыдтой, уæд-иу мах, кæстæр фæлтæр, сæ уæлхъус хуыргарчы бæдултау бандзыг стæм. Къуыри-пу куы дзырдтаиккоп, уæд- дæр сæм хъусыпæй нæ бафсæстаиккам. Дзуæртты коптæ дæр- иу сæм арæх рауад, æмæ ацы хабар дæр уæд иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстон пæхи мæлгъæвзаг Батырбег æмæ Дзуг- койты хъуытаз хъуыр Сослæнбегæй. Йæ замаиы дам Уастырджийы кувæпдоп æппæт проп адæ- мæн дæр уартæ Туалгомы, Згъилы хъæуы уыди, æмæ-иу æм Джеоргуыбайы бæрæгбæтты куывды дæр уырдæм цыдысты. Дыккаг кувæндон дам Уастырджийы помыл Ирыстоны никуы уыди. Уæд дып, зæгъы, нуахæмы, табу пæхицæп, Хуыцауы фæп- дæй Уастырджи Згъилæй стахт æмæ Ходы бæрзонд æфцæгыл цæхæртæ калгæ æрбадти. Дзуары лæгтæ, зæгъы, уый бафип- пайгæйæ «табу» загътой, йæ зæронд быпатæй йып мысайнаг рахастой æмæ, кæм æрбадт, уым ып пог кувæпдоп снысап код- той. Уымæй фæстæмæ, зæгъы, згъилæгтæ сæхæдæг дæр ипнæ адæмтимæ сæ Джсоргуыбайы кувнпæгтæ Ходы æфцæгмæ хæс- сын байдыдтой. 55
Уæды замапты хæхбæсты æпæвнæлд æрдз куыд тæссаг æмæ æвадат уыди, уыдæттæ амонын ыикæмæи хъæуы. Нарæг кæмт- ты кæм ихдоны лæгæрдгæйæ, кæм та сæрсæфæн къахвæидæг- тыл хилгæйæ фыдбылыз ппл-пысырайæ уæлдай иæ уыди. Уæдæ æвзæргæнджытæ æмæ тугдзых сырдтæ дæр уæд хуырæй арæх- дæр уыдысты, æмæ сæ тæссæй дуртæ дæр рызтысты. Уыдæттæм гæсгæ фæстæдæр дугты адæм дард фæпдæгтыл цæуынмæ зи- гæг кæпып куы байдыдтой, уæд иуæй-иу хъæуты мипæвæрттæ Ходы æфцæджы кувæидопæй мысайнæгтæ ахаетой æмæ фæс- тагмæ алы комы дæр Уастырджийы кувæпдæттæ фæзынд. Ходы æфцæгыл фæпдаджы был, уæпыг цыма йæ амопæн æи- }уылдз зæххы быпæй сдардта, уыйау лæууы мæкъуылы нас Уа- сгырджийы кувæндоны дур. Адæймаг кæдæм сæххæсдзæи, уым дуры фарсыл ис æрдзон дзыпп. Уым-иу куывддзаутæ æмæ фæн- даггæттæ мысайнагæн æвæрдтой æвзист æртыгай суаритæ урс бæмбæджы тыхтæй. Уæды рæстæджы фæткæвæрдмæ гæсгæ, ку- вæпдопы мысайиаг пæ пывæргæйæ, бæлццопæп акъахдзæфгæ- иæн нæ уыди. Æппып æм куы ппцы уыдаид, уæддæр хъуамæ йæ цæппæр ратыдтаид æмæ йæ уым пывæрдтаид. Афтæмæй ам, æпусты дæргъы Уастырджи цы мулчы кæритæ фембырд кодта, уыцы дисеæгтæ музейты дæр пе сты. Æмæ цынæ дзаума фепæп уыдис ам: рагоп судзиптæ, къухдарæптæ, хæрынкъатæ, фарсыл- дарæн кæрдтæ æмæ цæппузыртæ, фæрдгуытæ, хъримаджы зды нæмгуытæ, алыхуызоп гилдзы хъузджы, афтид æвгты кæритæ, саджы сыкъаты рæдзæгъдтæ, рагоп фаты æфсæн бырынчъыты обау æмæ бирæ æпдæр цыдæртæ. Гом арвы бын ацы æмбисои- ды музеймæ рагæй-иырмæ хицауады ’рдыгæй цæст фæдарæг кæй пæй, уый аххосæп дзы бирæ мысайпæгтæ æмæ саджы сы- къатæ æнæдин абырджыты амæддаг фесты. Цы муртæ ма дзы баззад, уыдоп та тымыгътæ æмæ къæвдаты æмбпйыиц. Ам, æфцæгыл, фыдбон, фыдрæстæджы лæг йæ сæр кæм фæ- цæва, уый кæй пæй,уымæ гæсгæ 1880-æм азты Ходы зæрæдтæ бауынаффæ кодтой æмæ æфцæджы хурварсы дæллагхъуыр зам- манап рæсугъд фæзы Уастырджийæн пог бынаты бакуывтой. Кувæпдопы цыппарфисыи агъуыст змæстимæ амад у чъырду- рæй. Сырх ахуырст зестæй цъупп æмбæрзт агъуысты сæрæй дардмæ фæлгæсы æфсæп дзуар. Дурын æмбоиды æдде фæзы — фæйнæгæй конд ныллæг фыигтæ, баидæттæ, Далæ фæзы иппæ кæрон та рæгъ слæууыдысты еаджы сыкъатау пака къух бæх- бæттæн бæхъытæ. Æргом зæд уыди Ходы Уастырджи. Кæддæр дам дзы иу мæ^дæггаг куырм лæгæн зæрдиагæй скуывтой æмæ дам йæ цæстытæй ракаст. Уый тыххæй-пу ард хордтой урсзачъе зæ- рæдтæ. Капд хæхбæсты пæ, фæлæ быдыры хъæутæй дæр Джеор- 56
гуыбайы бæрæгбæтты ардæм сæхи Уастырджийыл фæдзæхсып- мæ æд кувинæгтæ цыдис сæдæгай барджытæ. Йæ къух кæмæп амыдта, уыдои Джеоргуыбайы хуыцаубон æргæвстой галтæ, къуырисæры изæрæй та-иу алчидæр Уастырджийы помыл аку- сарт кодта тохъыл кæнæ æвзаргæ фыс. Бæрæгбонмæ-иу ног хо- ры сæрæй бавæрдтой чънрийаг ссад. Сцæттæ-иу кодтой арахъ, бæгæны, бæзджын æ’мæ тæнæг къуымæл дæр. Уазджытæ ныл ма фæхудой, зæгъгæ-иу чындзытæ хъæуы сæрæй хъæуы быимæ уынгтæ авгау сæрттивын кодтой. Хæдзæрттæ-иу æдде-мидæгæй чъырæй рацагътоп. Дыццæг райсомы-иу кæркуасæпты Ходы хъæу базмæлыд æмæ-иу физбнджыты хæрздæф Хуыцаумæ калд. Уазæгæй, фысымæй-иу æд кувипæгтæ сæ хъал бæхтыл ныххал сты æфцæджы бынмæ. Уым та-иу се ссыдмæ дзуары лæг Дзуг- койты Къамбе цалдæр лæппуимæ акусарт кодта Уастырджийы нывонд гал. Куывддзаутæй дзуары быпмæ чи куыд раздæр хæццæ кодта, афтæ-иу сып сæ кувннæгтæ æртæ æртæдзыхоны, уæхстыл конд физонæг, арахъ æмæ бæгæныйы æвгтимæ дзуары лæгмæ рад- той. Къамбе-иу сæ скуывта æмæ-иу сæ иумæйаг къæбицмæ ахæссын кодта. Каст-иу куы ницæмæуал уыд, уæд-иу дзуары лæг йæ фадыварц раласта. Зонгуытыл табугæнгæ-иу Уастыр- джипы сурæт кувæидоны агъуысты къæсæрмæ рахаста. Куывд- дзаутæ дæр-иу хистæрæй-кæстæрæй сæ къахыдарæс феппæр- стой. Æмбонды къæсæрыл-иу кæрæдзийы фæдыл кæртмæ зон- гуытыл бацыдысты. Уым-иу сæхиуыл дзуæрттæ æфтаугæ Уа- стырджийы къамæн аба кодтой æмæ-иу кувæпдоны гыццыл кæртæй фæстæмæ дæр сæ зонгуытыл рацыдысты. Цалынмæ-иу адæм сæ къахыдарæс кодтой, уæдмæ-иу къæбицы хицæуттæ дæргъæй-дæргъмæ фынгтыл сæ бæрæчет æрæвæрдтой æмæ-иу куывддзаутæ куыдхистæрæй сæ бынæттæ ссардтой. Уæле ба- дæг 'Къамбе-иу кувыитæ куы байдыдта, уæд цыма æцæгæйдæр сызгъæрин Уастырджи сæ уæлхъус лæууыд, уыйау-иу бандзыг сты æмæ-иу сæ æнувыд омменæй Урсхохы хуыртæ æрызгъæл- дысты. Джеоргуыбайы куывды цавæр гаджидаутæ вæййы, уый алчи- дæр фехъуыста, фæлæ-иу Къамбе бæгæныйы къусæй куы скуыв- та, уæд, дзуары агъуысты æнæгуыдыр æвæрдæй цы ’ртæ сызгъæ- рин къанпæг агуывзæйы уыд, уыдонæй-иу Хуыцау, Мадымайрæм æмæ Уастырджийы номыл æртæ рæгъы рауагътой æмæ-иу сæ карджын адæм се ’ппæт дæр банызтой. Ирон фынгæвæрд æпæхъæи скъола у, кæм цы æмæ куыд æрæвæрын хъæуы, уый куынæ зопай, уæд фæхудииаг уыдзынæ. Уæлдæр куыд загътам, афтæ куывды фыигæвæрд хæрд æмæ нуæзты тыххæй нæ вæййы. Йæ сæйраг нысан кæстæр фæлтæ- 57
ры хъомылад уыд æм&, кæд фынгтæ ныллæг æвæрд уыдысть!, уæддæр сæ кад, се ’фсарм Хъæриуы хохæй бæрзонддæр уыды- сты. Цæф ныхъуырдтытæ дзы куы кæнай, уæд — фидиссаг, куы- пæ дзы кæнай, уæд — худинаг. Бирæ дзураг— къæбæда, мадзу- ра та — гоби. Хистæртæ-иу Джеоргуыбайы куывды Ходы Уастырджийы зарæг куы пыццæлхъ ластой, уæд-иу æй хъуытазхъуыр кæстæр- тæ айстой æмæ-иу сæм хæхтæ, къæдзæхтæ ныхъхъуыстой. Мæ фыдыфыд Лслæпбсг мæрдты сызгъæрип талатæ суадзæд, уый- иу арæх æрæмысыд: «Табу Ходы сæры сызгъæрин Уастырджи- йæн». Æрыгон лæппу ма куы уыдтæп, уæд Джеоргуыбайы куыв- ды пæ зардмæ Урс хохæй дыууæ’ сычъийы æрхызти. Æввахс нæм æрлæууыдысты, æмæ нын цыма иæ зарæджы ныхæстæ æм- бæрстой, уыйау æдзыпæг хъуыстой. Зарæг куы банцад, уæд ныи цыма арфæ кодтой, уыйау сæ раззаг къæхтæй зæхх æр- тъæппытæ кодтой, стæй сæ фындзтæй фехситт кодтой æмæ чъыл- лишпæй кафгæ фæуæлхох сты. Фæсивæд фыпджы уæлхъус бирæ нæ бадтысты. Хистæртæ- иу сæм се ’гъдау куы авæрдтой, уæд-иу бар ракуырдтой, æмæ- иу алыхуызон хъæзтыты апыгъуылдысты. Уæлдай днссагдæр дзы уыдысты барджыты ерыстæ. Ливорæй æхсынмæ дзы ахæм дæспытæ уыд, æмæ уайгæ-уайын цъиуы цæст дæр нæ ивгъуыд- той, сæ уадыл-иу цæст нæ хæцыд, афтæмæй-иу хъул нæмыгæй акъуырдтой, абази-иу зæххæй фелвæстой. Дугъы фæндæгтыл-иу ранæп-рæтты цалдæр лæппуйы цæхгæрмæ схуыссыдысты, фæ- лæ-иу барджытæ сæ сæрты афтæ арæхстджынæй агæппытæ кодтой, æмæ дзы цъæррæмыгъд дæр пикуы ничи фæци. Барджы- ты фæстæ та сæ хъарутæ æвзæрстой фæйнæгфарс богæлттæ. Ирон хъæбысхæсты гуымиры хъару хъæуы. Хипдзинадæп дзы быиат нæ уыди. Дæларм-уæларм æрхæц æмæ дæ ныхмæлæу- уæджы фæнды дæлгоммæ,, фæнды уæлгоммæ дæ быны куы аф- сæрай, уæд рамбылдтай. Ныр фысы базыг дæр бирæтæн уæра- гыл сæттып дæр иал комы, фæлæ иу Дзугкойты сидзæр Амыр- хап стуры базыг дæр дыууæ къухæй сæнчы хæтæлау фæкъæрцц кодта. Бæх-иу йс уæхсчытыл систа æмæ йæ рахæсс-бахæсс код- та. Чи-иу фесгуыхт, уыдоны цæрæпбоны тыххæй дзуары лæг уагъта сæрмагопд гаджидау. Сбуц-иу сæ кодтой галы сгуы æмæ кады нуазæнæй. Уыцы рæстæджы та адæмы арфæ цыфæнды ордепæй дæр кадджыпдæр уыдн. Бадты кæронмæ-иу къæбицы хицæуттæ алкæп тæбæгъы дæр пывæрдтой дзаджджын уæливых æмæ фыдызгъæлы нард хæйттæ. Уыдон æпæмæигæй сæмбæлыи хъуыди хæдзарыл æмæ дзы хъуамæ бииоптæп алчи дæр сахуы- стаид. 58
Джеоргуыбайы бæрæгбои-иу уыдис иу дыццæгæй нппæмæ, æмæ кæд алкæй хæдзарæй дæр бурфых физонæджы цъыс-цъыс æмæ сау бæгæиыйы сæр-сæр цыд, уæддæр йæ кусарты сæр æмæ бæрзæй иунæгæй ничи хордта. Хæдзарæй-хæдзармæ, сыхгсй- сыхмæ хъæуы адæм кæрæдзипы рахон-бахон кодтой. Кувæг адæм хорз æмбæрстой, Джеоргуыбайы уæздап бæрæгбоп сæ хæлардзинады нæртои бурæмæдз кæй у, се ’фсарм, се ’гъдау сын кæй фидар кæны, уый æмæ йын гал иывæндтæ дæр уымæи кодтой. Табу дып, табу, пæ фыдæлты бæрзопдæй фæлгæсæг сызгъæ- рин Уастырджи! Кæддæриддæр пæ дæ хорзæх уæд æмæ ныи пæ сахъ фыдæлты памыс сæ нæртон бæркæдтимæ дæ рахиз базы- ры бын бакæн. Уæ, байраг бæхгæнæг, лæппу лæггæнæг, тæхгæ- нæргæ Ходы Уастырджи, Иры кæстæртæ дæ фæдзæхст, фыд- гулы къух сæм макуы фæхæццæ уæд! Ходы ма ноджыдæр уыд ахæм кувæпдæттæ: Аларды — чысыл сабиты бардуаг, пс Дзагъайы рагъыл. Атынæг — хосдзауты бардуаг, ис Тымбыл уыгæрдæны. Æврпагъд— мигъты бардуаг, ис Дарвазы был. Мадымайрæм — æфсинты бардуаг, ис Уациллайы зæнгыл. Уацилла — хоры бардуаг, ис Уациллайы рагъыл. Тæтæртупп — быдырон кусджыты бардуаг, Цъисоны рагъыл. Фæлвæра — лыстæг фосы бардуаг, ис Сычъииыхы. Тутыртæ — бирæгъты бардуаг, ис Чъырызæнгыл. Ьры хæхты бардуаг, ис Гуыдырты комы сæрмæ. Хурмæсыг — арты бардуаг, ис Фардæджы сæрмæ. Саухъæды бардуаг, ис Саукомы. МАРД ÆФСНАЙЫНЫ ÆГЪДÆУТТÆ Ходы хъæуæп сæ зиан уыди иумæйаг. Хиоптæ, сыхæгтæ мæрдджыны тыхсын пæ уагътой нуазинагæй, сугтæй æмæ, куы бахъуыдаид, уæд кусæрттагæй дæр, Сабæттагæп дзы æхцайы коп пæ уыди. Бадæнæхсæв-иу сыхæгтæй кæд исчи фæцарæхст, уæд-иу карчы мард кæпæ фых æйчытæ дыууæ кæрдзынимæ ба- хаста æмæ-иу уыдопæй сылгоймæгтæ «рухсаг» загътой. Мæр- дæхсæвæр нæ кодтоп. Нæлгоймаг зиапæн фæлдыстой бæх, йæ капстæ йын хастой худ. Кæд ып ус уыдаид, уæд ып-иу йæ дзыкку ралыг кодтой æмæ-иу æй марды роны бавæрдтой. Ахæм сылгоймагæп-иу дыккаг хатт мой кæныпы бар пал уыди. Куырыхоп лæгæн арæзтоп бæхты дугътæ æмæ-иу дзы чи æрбаразæй, уыдопæп-иу мæрдджып хæдзарæй уыди зыпаргъ лæвæрттæ. Ныссагътой-иу хъабахъы даргъ хъил дæр. Йæ цъуп- 59
пыл-иу дзедзыкка кодтой бæллиццаг дзаумæттæ, æмæ сæ тои- пæй чи æрæппæрстаид, уый амонд иу фесты. Цыфæпды æпæбон зæроид лæг? дæр тæфæрфæс кодта æнæ лæдзæгæй цонг уагъдæй, ома, кæд мæ хъару пæу, уæддæр дып дæ хъыгæй мæхимæ исын. Сылгоймаг зианы йæ цæгат сбуц кæпынц кæлмæрзæнæй. Уæл- мæрдты алы мыггагæи дæр йæ рагъ æмæ йæ зæппадз уыдысты бæрæг. Зылдысты сæм алы аз дæр нæуу æвæрæп бон. йæ къух- ну йæхимæ чп систа, ахæм мард Ходы уыди тыпг æгад. Кæуын ыл пе ’мбæлд. Ныгæдтон пæ æнæ мæрддзыгойæ, уæлмæрдты кæрон хибарæй. Марды фæдыл-иу рахастой Сотийы гуыдын æмæ-иу æй уæлмæрдты къулы дæлæмæ атылдтой, ома, дæ ху- ры хай пал ис, апыгуылд, уымæ гæсгæ хæлар кæнынмæ æрæ- вæрыиц дыууæ кæрдзыпы (зæххы æмæ фурды иывтæ). Хæрнæджы фыпджы ныхмæ уæле хистæр бадæг нæ уыдис, фæлæ уæддæр дыууæ хистæры раз æвæрдтой æртæ кæрдзыны. Сæ хæд дæле кусарты сæр, æрмæст йæ рахиз хъус бæрзæйы бын æмбæхстæй. Ахæм фынгыл галиу хъус куы ралыг кæнынц, уæд æй æрæвæрынц сæры уæлæ. Кæстæртæм æй нæ адæттынц. Спдтытæ судзаггаг зиаиы уыдысты цыппар, æнæуи та æхсæзы бæрц. Цины’ фынгыл гаджидау вæййы бынатыхицауы тыххæй, хъыджы фынгыл та — бипонты цæрæнбон. Куывды хæрииæг- тæй сомы кодтой «ацы бæрæчетты ардыстæн», хисты та — «ацы хойраджы ардыстæн». Хæрнæджы фыпгыл дыккаг хистæрæи дзырды бар пе ’мбæлди, нуазæнтæ дæр дзы иæ лæвæрдтой. Капд фыиджы уæлхъус нæ, фæлæ зиапджыпы кæрты дæр хъæ- рæй дзурын не ’мбæлд. Мидхъæуы фæсивæд æмæ сылгоймæгтæ, зианы боп хæрнæджы фынгмæ æмгæрон иæ цыдысты. Зиапы номарæп боитæ уыдысты: æртыккаг сабат, бадæп- тæ, фыццаг æмæ дыккаг лауызгæпæнтæ, зазхæссæытæ, мæрдты куадзæи, зæрдæвæрæнтæ, Майрæмыкуадзæн. мæрдты ’хсæв, æмæ фæззæгхист (ныр æй афæдзы хист фæхонынц). Архивты фыстытæм гæсгæ 1848 азы Ходæй дыууадæс хæдза- ры (Хъайтыхътæй фондз, Дзугкойтæй цыппар æмæ Созайтæн æртæ) æд исбон сыстадысты æмæ хърихъуппыты халау Уæл- ладжыры комы дæлæмæ алæвæрдтой. Фосы æмбу, бæхты хуыр- рытт, уæрдæтты цæлхыты гыбаргыбурæй къæдзæхтæ азæлды- сты. «Цъыфджыны» фæидагæй иуварс баздæхтой æмæ фæйнæ комдзаджы куы скодтой, уæд сып сæ хистæр бауынаффæ кодта. — Мах ие ’ппæт дæр стæм Ходæй æртæ мыггагæй. Нæ цæ- рæн быпат ивæм Зæронд Бæтæхъойыхъæумæ. Уым та цæрынц 60
бирæ тыхджып мыггæгтæ æмæ се ’хоæн цæмæй быитон æдых ма уæм, уый тыххæй нæхи схопæм иу мыггагæй — Ход1. Уыцы уынаффæйыл се ’ппæт дæр сразы сты æмæ Ныхасы Уастырджийы быиты заргæ афардæг сты. Афтæ равзæрд Ходы мыггаг æмæ йæ абон дæр кадимæ хæссынц. Фæкъахыр Ходы хъæу, фæлæ ма дзы азфыстытæм гæсгæ 1851 азы царди æртæ ’мæ дыууиссæдз хæдзары. Уыдон 1901 аз- мæ баисты 195 хæдзары æмæ дзы алкæмæ дæр уыди фæйпæ фондзыссæдзы ставд фос, мипгæйттæ та — фыстæ. Рæстæг цыд æмæ Ходы хъæуы æрдз дæр мыстулæгау йæ хуыз ивта. Тархъæды бæлæсты иуырдыгæй утæппæт адæм куы- нæг кодтой, аннæмæй та йын йæ удæй мипгай фосы дзугтæ схъазыдысты æмæ бæстæ ныггæмæх. Ходы нæлгоймæгтæ хъæды куыстмæ уыдысты дæсны. Арæз- той къустæ, тæбæгътæ, уидгуытæ, куыситæ, кæхцытæ, арынгтæ, сивыртæ, тъæпæиæгтæ, хъуылæгтæ, æфсондзтæ, дзывыртæ, дзо- ныгътæ, сæргътæ, чъиппатæ, къæртатæ, рæндæнтæ, пирæнтæ, нæрвытæ, сагæйттæ, халамæрзæнтæ æмæ бирæ æидæр дзаумæт- тæ. Рæвдз уыдысты æрчъиаджы куыстмæ дæр. Хуыдтой дзы æрчъиаг дзабыртæ, къогъодзитæ, æрчъитæ. Карстой дзы гæр- зытæ, бæндæнтæ, дзабырты уæфстæ æмæ бирæ æндæр лыстæг дзаумæттæ. Сылгоймæгтæ та тынг хорз арæхстысты къуымби- лы куыстмæ. Тæбын æпдæхтæй кодтой цъындатæ, зæнгæйттæ, хæдæттæ, кæлмæрзæнтæ. Дæсны уыдысты тын уафынмæ, ны- мæт уæрдынмæ æмæ тинтычъийы куыстытæм дæр. Хорз арæх- стысты хæрдгæхуыдтæм, хъуымбылтæ æмæ быдтæ бпйынмæ дæр. ХУЫЦАУЫ МИНÆВАР Гацатæ кæд бæхджыпдæр мыггагыл нымад уыдысты, уæд- дæр Быцыртимæ, цъæх хъæдуры кæрддзæм пæ гагапмæ куыд æнгом вæййы, афтæ а æмæ о-йæ цардысты. Æмысы карст дæр æпæ кæрæдзи нæ хордтой. Суаиг ма айк дæр дыууæ дихы код- той, æмæ сыл æпæхъæн Сыпдзыхъæу сæ цæст æрæвæрдтой. Фæлæ цард ивылд допæй уæлдай нæу, æмæ дзы хуыйы хъис куы ныххауа, уæд зпæт уылæнтæ чердæм фессæнддзысты, уый бæрæг пæй. Хатгай бæрзонд хиды сæрты дæр апхъæвзынц æмæ йыи йæ фидар могортæ баикъуысын кæпыпц. 1 Ахæм бар сыи хицауад радта, Ходы комы йæ æрзæт къахыи кæй ба- уагътой, уый ныхмæ 61
Хæлардзипады егъау хид лæууыди дыууæ мыггаджы ’хсæн далр, æмæ ма сын, чи зопы, цæйбæрц фæлæггад кодтаид, Гаца- ты æнæитыст Фаризæт ыл судзгæ æхсидав куынæ баппæрстаид, уæд. Æртæ ’фсымæры буц хо Фаризæт сабыр, хиуылхæцгæ чызг уыди, фæлæ сæ сыхæгты ног чындз Лезинкайы йæ лæгимæ бæгъдулæггæнгæ куы феййæфта, уæд йе ’взонг риуы лыстыты - арт ссыгъдис. Æнахуыр арты фæлмæп æвзæгтæ йыи йæ зæр- дæйы уидæгтæ æхсызгон хъыдзы-хъыдзы кодтой, æмæ æиæрцæф чызг йæхицæи быиат нал ардта. Æрфæидыд æй мой кæнын, æмæ йæ фæлмæп рустыл сæуæхсиды тынтæ ахъазыдысты. Йæ сау цæстытæ сæхицæп бынат нал ардтой, сæ къуырфыты цы- дæр агурæгау рауай-бауай кодтой. Риуы къуыбыртыл дæр цы- дæр æрцыд. Знон дæр ма хъазы æйчыты йæстæ уыдысты, иыр æддæмæ тоиынц, кофтæ сыл пал æххæссы. Судзы æвзалыйау Гацаты æхсæрдæсаздзыд Фаризæт, фæлæ йыл дон бакалæг нæй. Судзы, судзы йæхимидæг, æмæ ныропг кæртæй æддæмæ чи пæ хызт, уыцы буц Фаризæт уынгты цъы- лын фестад. Æхсæв ыл хуыссæг пал хæцыд, фæлæ йæм хъал фæсивæдæй хъусдарæг куынæ уыд, уæд сагъæсты аиыгъуылд: — Уæртæ чызг, рабадып афон дын нæма у, хур арвы ас- тæумæ куы схæццæ! — бахъуыр-хъуыр кодта Сона æмæ æд къæртатæ дондзау устыты фæдыл атындзыдта. Мады æрбаз- дæхтмæ Фаризæт йæхимæ зылд фæци, хæдзары ма цыдæртæ афснайдта æмæ æрыскъæфдзуан Бадилаты хъазæн фæзырдæм йæхп асайдта. Урсдоны былты мигъ Хлойты гадзайау дыууæрдæм кодта. Йæ хъуыиджын сæр-иу куы Суары комы фæцавта, куы та-иу доп-дон дæлæрдæм афсæрста. «Боныхъæд мæ фæпдиаг у, кæд Хуыцауы фæнда, уæд ацы бои æрыскъæфы хъæстæ фæуыдзынæп»,— ахæм хъуыдытимæ Фаризæт Урсдопы хидæй фæфале æмæ, дидипджытыл лæппу- ты нæмттæ æвæргæ, уартæ уый Хъасболат у,, уæлæ уый та Дзамболат, дæлæ уый та Тасолтан, зæгъгæ, Цырауырдæм тигъæй куы бакаст, уæд фендзыгау. Дæлвæпдаг апырх сты Бы- цырты сау фысты дзуг æмæ пыррыччытæгæнгæ уымæл кæрдæг дастой. Сæ уæлхъус цыбыргомау нымæты æхситтæй заргæ лæу- уыди Тасолтап. Фарпзæты æхсидгæ зæрдæ сгуыпп-гуынп кодта, æмæ чызг адæргæй дзуццæджы æрбадт. «Дæлæ ис, мæ дидинæг, мæ æры- скъæф, фæлæ пæм цы хуызы бацыдæуа, кæд йæ быпы калм бады, уæд та»,— скатай Гацаты æпæнтыст æмæ фæстæмæ алн- дзыпы фæпдыл пыллæууыди. Зопд ын йæ сæры фæхстæ хоста: «Ма фæхудинаг кæн дæ чызджы кад, дæ пыййарджыты, де 62
’фсымæрты, мыггаджы». Зæрдæ та йæ ардыдта: «Мауал фæс- тиат кæн, пъайы ад бапкъар æмæ уæхимæ лидзгæ. Уымæй дын нииы уыдзæн». — Цæп, уæдæ, цы уа, уый уæд,— скарста Фаризæты зæр- лæ, æмæ сæлхæрау уау-уаугæыгæ фыййаумæ йæхи аппæрста. Бæлон цъиусурæй куы фæтæрса, уыйау Фаризæт лæф-лæф- гæнгæ фыййауы нымæты бып скуыси æмæ æнæрцæф лæппуйы хъæбысмæ йæхи нылхъывта. — Цы кодтай, цæмæй фæтарстæ? — скатай Тасолтан æмæ чызджы сабыргæнгæ йæ алфамблаймæ афæлгæсыд. — Би-и-рæгъ... Бирæгъ мæ расырдта,— иыззыр-зыр кодта чызг, æмæ цыма фыййауæн алидзынæй тарст, уыйау ын йæ на- рæг астæуыл ныйичъи. — Ма тæрс, бон сихорафон ам цæй бирæгъ ис? Уый, æвæц- цæгæи, Сабанты куыдз уыди,— нымæт зæххыл æрытаугæйæ тарст бæлоны æрсабыр кодта Тасолтан æмæ йыл фæрсæй-фæо стæм æрбадтысты. Тасолтап хорз зыдта Гацаты бинонты, фæлæ сæ урсдæллаг хъуыр бæлоп цæргæсы базыры бынмæ йæхи къахæй басирдзæн, уый æнхъæл никуы уыд. Йæ цæстытыл ауадысты чызджы æф- сымæртæ, мыггаджы фæсивæд æмæ йыл цыма сырх зыпг æсЬ- сæйпаг бапдзæвыд, уыйау æддæдæр абадти: «Ай кæнæ мæ хæй- рæджы хай у, кæнæ мæ амопды стъалы». Фаризæт ын цыма йæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау Тасол- ч иы къух йæ риуыл авæрдта, фæлмæн бахудт æмæ загъта: — Æвæдза, цы тыпг фæтарстæн, пырма мæ зæрдæйы цæлхъ- цæлхъ нæма банцад. Лæппуйы арм чызджы дымст къуымайыл куы апыдзæвд, уæд топпыхосы боцкъа пыггуыпи ласта, æмæ дыууæ æвзонг уды æрыскъæфхуыз былтæ кæрæдзиуыл апдæгъдысты. «Гъей-гъей, ироп чызг æмæ лæппу, уæхи ма фæхудипаг кæ- нут»,— базары устытау фæйпæрдыгæй цъыбар-цъыбур кодтой мæргътæ. Урсдон дæр сæм иргъæвæг пæ гæпдзæхтæ бæргæ тыдта, фæлæ сæм йæ къабæзтæ не- ’ххæссыдысты æмæ мæстæй йæ урс сæр дуртыл хоста. Фæлæ æвзонг дыууæ удмæ уыдæт- тæй ницыуал хъуыст æмæ Дзæмдзæмы суадоны куы алепк код- той, уæд хурзæрнн йæ цæсгом æврагъы гæппæлæй бамбæрзта. Суары комы мигъ дæр фæдисы рацыди æмæ сæ йæ хъуынджын фæдджийы бын бамбæхсинаг бæргæ уыд, фæлæ йын ферæджы. Тасолтан æмæ Фаризæт кæрæдзипæ нæма фæхицæн сты, афтæ фыййауы æпæнхъæлæджы хуындзау Дзыгасоп сæ уæл- хъус алæууыд æмæ сыл ныййеры кодта: — Байриат, мæнæ гацца куыптæ, худинаг, худинаг!.. Ме 63
’пæуыноп фестут! — хъæр кодта Дзыгасон æмæ, дыууæ къухæй йæ пæсгом æмбæрзгæ, йæ фæд-фæд лыгъди. Уыцы изæр Къорайы сæрæй Сыидзыхъæуы бынмæ арвы гæрахау апхъуысти: «Абон Тасолтап Фаризæты æрцахста æмæ дам дзы фæхыпджылæг кодта». «Худинаг, худинаг æмæ аллиаг»,— сусу-бусу кодтой Саугъæ- ды æнусоп бæлæстæ. «Худнпаг æмæ амæлæт»,— уасыдысты цъиутæ, ниудта Урсдон, æмæ хъæубæсты адæм сæ бæрзопд сæр- тæ æфсæрмæй ныллæг æруагътой. — Чи куыдз, чи хæрæг, йæ ныфс нæм чи бахаста! — калмы сæрыл мæстæй цæхх æвгæдтой Фаризæты налат æфсымæртæ æмæ мыггаджы хотыхджып фæсивæд. Ардаугæ сæ чи кодта, ахæм къæбылатæ дæр гыццыл нæ разынд, æмæ Быцырты гыц- цыл мыггаджы быныскъуыд кæпыны фæпдыл ныллæуудысты. Къора, Урсдон, Хъармаи æмæ Сындзыхъæуы куырыхоп лæг- тæй фæсте ничиуал баззад. Æмыр хъæды бæлæстау дыууæ мыг- гаджы æхсæп иргъæвæг бæргæ слæууыдысты, æрмæст цас хъæд- дыхдæр кодтой, уыйас лæбурджыты масты дзæкъул фæйпæр- дæм дымсти æмæ дымсти. Фæлæ уæддæр адæм, адæм сты æмæ мастпсджытæи иучысыл сæ фу куы ’рцæуын кодтой, уæд Га- цатæ хъæбæрæй загътой: «Быцыртæ се ’взæры сæхæдæг ама- рæнт æмæ ие ’хсæн дзырддаг нал уыдзæн». Гацатæ уыцы фæндыл цæхгæр куы ныллæууыдысты, уæд цыппар хъæуы хистæртæ бауыпаффæ кодтой: «Уалæ Ходы хъæуккаг, Хуыцауы мипæвар Едзиты Черменмæ бакувæм, ба- лæгъстæ кæпæм. Ацы фыдбылызы арт уый куынæ ахуыссып кæпа, уæд ып Хуыцауы бон дæр ницыуал бауыдзæп». Хуыцау хорз æмæ Туалгомæй Чермены æрбаздæхт Сындзы- хъæуы минæвæрттимæ Ходы баиу, Едзийы-фыртæп йæ бинон- ты дзæбæх феиыиы фадат дæр нал фæци. Бæхы хидæй йын цы дыууæ сæрак зæпгойы басыгъди, уыдон æпдæртæй раивта æмæ уыцы бон йæ фæллад бæхыл фæдисы Ходы æфцæгæй ахызти. Хæрæмигъ фæззыгон арсау Саугъæдыл йæ бæзджын цъæх иымæт байтыдта, æмæ хъæд фæллад галау пæтыди. Фæлæ йæм Хуыцауы минæвары къæбæлдзыг худ ;æфцæгæй дыдзыхурау куы ферттывта, уæд къæмдзæстыг чыпдзау æнæ хъыпп, æнæ сыппæй йæ цæгатмæ афардæг. Сау халæтты балыл цыма зо- лочъи пыххуырстæуыд, уыйау Хъармап бæласæй спæр-пæр кодтой æмæ Суары комы аныгъуылдысты. Чъиллоп бон тæр- гайгæнаг сабийау æрфыпæй æмæ Сындзыхъæуы сæрмæ мæй уарди дидипæджы цæстау ферттывта. Æвæццæгæи, уый дæр ацы ’хсæв Хуыцауы мннæвары ныфсæн бахъæлдзæг, æмæ нæм аивæп уæздан фысымты рудзыпгæй касти. П4
Райгуырди та сьшæллонау цъиах-цъиахгæпгæ пог бон дæр, уæдæ цы уыдаид, æмæ дыууæ урс цæргæсы Сындзыхъæуы сæр- мæ хуры хæрдгæ’тыитимæ зилахар систой. — Табу Хуыцауæн, уыдоп хæрзæбоны æвдисæнтæ сты,— сулæфыд Хуыцауы мипæвар æмæ, бафуйæ дæр атъæпнæввопг цы масты дзæкъул ныддымсти, уый ком райхалынмæ йæ арæх- стджып къухтæ бафистæг кодта. ,Едзийы-фырт номдзыд Тлаттаты Чсрмсиы пом дзæгъæлы пæ хаста. Къæдзæхæпгæс, фæлахс гуыры копд, халас зачъе- джыи, аив цæсгомы æвæрдимæ, сагау йæ сæр бæрзæпдты хæс- гæ Гацаты хнстæрты раз пехуымпарау æрлæууыд. Йæ цæетæн- гас сыл фæскъæвда хурау куы ахаста, уæд лæбурæг фæсивæд сæ къухтæ хъаматы сæртæй айстой æмæ цыма Ходы Уастыр-, джи сæ разы лæууыд, уыйау æм кæсыпæп нал æфсæстысты. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ Чермен афтæ зæгъы: — Уæздан Гацаты мыггаг, фарн уæм бадзурæд. Æз уæ ра- зы æрлæууыдтæн цыппар хъæуы хистæрты курдиатмæ тæсгæ, рæстдзинад агурæг. Ныр мыи кæд уыцы бар сымах дæр дæттут, уæд Хуыцауæй разы, пауæд дæр мæ фæпдаг конд... — Бузпыг, Чермен... Мах, æфхæрд мыггаг, де ’рбацыд нæ- хицæн стыр кадыл иымайæм. Адæм дæ Хуыцауы минæвар хо- пыпц æмæ дæ фарн макуы фссæфæд. Чи дæм байхъуса, уый мах,— йæ урс боцъо дæрзæг æнгуылдзтæй æрдаугæ загъта Ба- тырбег æмæ йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта. — Уæдæ афтæ, Хуыцауы уарзон мыггаг, дысоп а^з куыд сбæрæг кодтон, уымæ гæсгæ уæ хъуыддаджы фæдыл туг нык- калын Хуыцауы æваст хъуыддаг уаид æмæ ныи æй пæ ныббар- дзæн. Æпæуи дæр’ армыдзаджы йеддæмæ куынæ стæм. Кæрæ- дзимæ хотыхтæ куы райсæм, уæд пыл фыдгул пæ къах æркъ- уырдзæн. Ау, куыдз дæр ма куыдзы фыд куыпæ хæры, уæд мах цы хæйрæг ралгъыста,— загъта йæ хъуыды Чермен æмæ йæ хурдзаст цæстытæ мæстджып фысымтыл расæрфта. Батырбег кæлдым бæласау йæ быпаты бапкъуысыд æмæ йæ комæй халамæрзæны ссыртау иугап дæпдæгтæ ферттывтой: — Уæдæ, Чермеп, не ’фхæрæгæй нæхицæи хъуырæгънæг са- разæм? Нæ, мæ хур, Гацатæ сæхи фидиссаджы быиаты пе ’рæ- вæрдзысты. Мах нæ пыхас, нæ фæпд нал аивдзыстæм. Цæмæй Быцыртæй туджджын ма уæм, уый тыххæп се ’взæры сæхæдæг амарæнт. Науæд махæн н& зæрды цы ис, уын бакæндзыстæм æмæ-иу уæд уæле сæ бæхджыптæ, дæле сæ фистæджытæ!.. — Тынг раст зæгъы Батырбег! — схор-хор кодтой тæвдтуг фæсивæд, фæлæ сæ Батырбеджы къухы фезмæлд æруазал код- та. 5 Мах дуг № 11—12 65
— Батырбег, уæ кауыл уын дур цы хуызы фехстæуыд, уый æз дысон сбæлвырд кодтон æмæ ацы хъаугъайæн сыхырнайæ луарæи иæй, лыстæггай йæ равзарын хъæуы... — Уæллæй, Чермен, дæлæ кæнай, уæлæ кæпай, уæддæр æм- быд нæмыгæп къутуйæ æпæ аппаргæ иæй, науæд мыггаджы хор иууылдæр бамбидзæн, æмæ уæд уый стырдæр бæллæх уы- дзæп,— йæ зæлдаг рихитæ здухгæ фæзæгъы Батырбег. — Фарн уæм бадзурæд, Гацатæ, фæлæ фыдбылызы зыпг уæхирдыгæй кæй фесхъиудта, уый цыма иæ зонут, афтæ хмæм кæсы? — фæлмæы хъæлæсы уагæй бафарста Чермен. Батырбег та зæронд арсау йæ быпаты фенкъуысыд æмæ тызмæггомау бафæрсы: — Гъы, дæ хорзæхæй, Едзийы-фырт, уый та ма дзы цавæр зынджы стъæлфæп уыди? — Кæд æй нæ зонут, уæд уын æй зæгъдзыпæп, фæлæ... — Зæгъ, зæгъ, хъусæм дæм,— сцымыдис сты Гацатæ. — Уæдæ афтæ,— цыбыр таурæгъ анывæста Хуыцауы ми- нæвар.— Иу цуаиоп, зæгъы, бафтыди æпæ бын, æпæ сæр, уæ- рæх, фæлæ иу æртах дæр кæм иикуы ’рхæцыд, ахæм коммæ. Лæгæн дойныйæ йæ игæр сыгъди, йæ быцъынæг скъуыди, фæлæ бæстæ бахуыскъ. Цуанон йæ къах айсынхъом пал уыд. Цæсты- тæ тартæ кодтой, уæнгтæ иыффæлвых сты, афтæмæй йæ гуы- быныл хылди æмæ иу рап хъуырæгæй йæ хъус доны хæлхæл ацахста. Йæ фæстаг тыхы муртæ æрбамбырд кодта, нарæг дон- вæдмæ йæ фарсыл бабырыди. Къаыаумæ куыд æргуыбыр кодта, афтæ йæ куыдз багæпп ласта æмæ цæстысыджы хуызæи сыгъ- дæг дон алами кодта. Цуапон мæстæй рафыхт æмæ йæ куыдзы фарсыл топп ныххуырста. Дойныйæ мæлæг уд та уæлдæр куы схылди, уæд федта, иу дынджыр калм йæ маргæй доп куыд хъæстæ кæны, уый. Бæргæ ма бамбæрста цуапон йæ рæдыд, фæлæ иугæр топп куы фехсай, уæд ын йæ нæмыг æрцахсæн нал и. Тæрсын, адæм цы сусæгдзинад нæ зонынц, уый куы ра- хъæр уа, уæд уыцы цуанон йæ куыдзы амардыл куыд фæсмон кодта, афтæ фæсмойнаг куы фæуат. — Ау, Чермеп, уæдæ ныл арт пæхи зынгæй сирвæзти! — ба- дис кодта Гацаты мыггаджы хистæр, йæ дæрзæг æрмттæ ныт- тыпдзгæйæ. Хуыцауы минæвар арф иыуулæфыд, Фаризæты æфсымæрты хистæр Тæтæрийæп йæ хъама райхалын кодта. Цыргъаг йæ хицауы къухмæ радта, йæхæдæг галиу къухæй афтид кæрддзæ- ^ы къубалыл ныххæцыд æмæ афтæ зæгъы: — Цæй уæдæ, цæмæй мын мæ дæлгоммæ ныхæстæ хуыздæр бамбарат, уый тыххæй иу фæлварæн бавзарæм. Лæгдæр уæ чи у, уый ма мæпæ ацы кæрддзæмы йæ хъама нытътъыссæд,— 66
хурау фæхудт Чермен æмæ йæ галиу къух фæйнæрдæм тылиф- гæнгæ Тæтæримæ бадардта. Тæтæрийæн йæ хид къоппæй акалд, фæлæ тæлфгæ кæрд- дзæмы ком хъамайы бырыикъæй аргъæвын йæ бон нæ бацис æмæ йæ гæрзтæ æрæвæрдта. Цымыдисаг фæлварæны сæрты ии- нæ фæсивæдæй дæр агæпп кæиып куы никæй бон бацис, уæд Тæтæри бафарста: — Чермен, бахатыр кæп, кæстæр рæдиаг у, фæрсæг та сопт у фæзæгъынц, фæлæ ма нын, дæ хорзæхæй, бамбарын кæн, ацы фæлварæн мах хъуыддагмæ цы бар дары? Едзийы-фырты хурæнгæс цæстытæ ферттывтой æмæ хистæр- ты афарста: — Сымах та цы зæгъут, нæ цытджып зондамонджытæ? — Хъусæм дæм, хъусæм, Чермеи,— райхъуыст уæзбып дзу- апп. — Уæдæ уæд нæ фæлварæны сусæгдзинад райхалæм, мæ хуртæ. Æз хъамайы кæрддзæмы къубалыл хæцгæ мæ къух дыу- уæрдæм куыд тылиф кодтон, уæ хо тыхы уысм йæ чъылдым афтæ куы радав-бадав кодтаид... — Æгъгъæд у, Чермен, мацыуал зæгъ, дæ хорзæхæй,— ныууынæргъыдта Батырбег æмæ йæ цæстытæ йæ адæмыл ахæс- гæ скарста: — Мæ хур акæнат, ,мæ сахъ кæстæртæ, нæ разы æцæгæй лæууы Хуыцауы мипæвар. Нæ куырм цæстытæ нын байгом кодтай, Чермеп, æмæ стыр бузиыг. Зæгъ нын пыр дæ тæрхон, махæй йыл дыууæ пичиуал зæгъдзæн. Ходои лæджы цæсгом фæскъæвда хурау фæрухс æмæ та йæ хъуытаз хъæлæсы зæлланг райхъуыст: — Бузныг, бузныг, Гацатæ, уæ уæздандзинадæй. Тасолтан æмæ Фаризæты та Хуыцау кæрæдзипæп саккаг кодта æмæ ад- джын цардæй бафсæдæнт. Быцырты мыггаг уæ сæхицæн ад- джын хæстæджытæп агурынц. Æз та уе ’хсæн фарпы уацхæс- сæг, минæвар дæн. Стыр хылæй дам, гыццыл фидыд дæр хуыз- дæр у, фæзæгъынц. Кæд мын иуцъус аргъ кæнут, уæд фидаугæ, фидаугæ, мæ хуртæ, æмæ мæпæ ацы мысайнагæй дам-думгæн- джыты пъиритæ сæхгæнæм. — Цæй, цы зæгъут сымах та, нæ сахъ цæргæстæ? — йæ бы- паты фепкъуысгæ фæсивæды бафарста Батырбег æмæ сыл йæ уæззау цæстæнгас ахаста. Сагсур лæпиутæ се ’игас Тæтæримæ куы сарæзтой, уæд се ’ппæты бæсты дæр уый æфсармджып дзуапп радта: — Фари дæм бадзурæд, Батырбег, фæлæ мах æфсармхор- тæ нæма стæм. Нырма не уæнгты нæ фыдæлты туг æхсиды æмæ нæ хистæры разæй саг дæр нæ фехсдзыстæм. 5* 67
— Уæдæ, мæ хуртæ, кæд афтæ у, уæд рæвдз — кусарт æмæ æртæ кæрдзыны! Уыдонæй хъуамæ бафидар кæпæм нæ къух- ты райст, нæ хæстæгдзинад! — дамбацайы дæнгау иыййазæлыд мыгтаджы хистæры æндон хъæлæс, æмæ цыма кæстæрты уад афу кодта, уыйау федде сты. Тар мигъ суары комæй йæхи систа æмæ кæмдæр фæсхох йæ хъуынджын сæр бафснайдта. Хурты хур дæр та Сыпдзыхъæумæ худгæ ныккасти æмæ йæм йæ зæлдаг тынтæ æппæрста. Сырд- донцъиуты балтæ хъарман бæласы фырципæй сæ быны скодтой æмæ сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбурæй нал æпцадысты. Урсдоп дæр та, йæ урсбарц æфсургъыл бадгæ, хæлардзипады пог хиды быпты сиргæ Теркмæ цины уац скъæфта. — Табу Хуыцауæн,— сулæфыдысты адæм. ХОДЫ КАДДЖЫНДÆР ХИСТÆР Æрфыг æмæ цæстау кæрæдзимæ хæстæг æвæрд фесты Ход æмæ Садон дæр. Æмæ кæфойы хуызæн дзыхъы æрзæткъахæп- тæ куы иыррыпп ластой, уæд Ходы хъæуы дæрзæг фист дæр згъæлыи байдыдта æмæ йе ’цæг хуыз разынди. Къазна бæхы мард у, зæгъгæ, хъæу сусæгæй, æргомæй фæхæлæф кодтой арæзтадон æрмæгыл æмæ цъæхсæр уæладзыг хæдзæрттæ аскъ- æрдтой. Йуæй-иу къопаты дзы къала пецтæ дæр фæзынд, æмæ фæздæг цæстытæ пал къахта. Хъæдын цырагъыл та фæтæгеиы рухс куыдзæппарæн былырдæм ахæцыд. Хицауад куыппæ зыд- таиккой, сæ мулкыл сын «хъæддаг» адæм кæй хæлоф кæныпц, фæлæ сын лæгъстæйаг уыдысты, сæ зæххæй нæ куы фæсурой, зæгъгæ, æмæ сæм хъæддыхæй сдзурын нæ фæрæзтой. Уый пæ, фæлæ ма æрзæткъахæпты директор Счастливцев йæ куырда- дзы аразып кодта фарсылдарæн кæрдтæ, фыдистæ, уæхстытæ, канчыритæ, фæрæттæ, æмæ уыдæтты фæрцы Ходон адæмы къæ- бæлы ’пдахау йе ’нгуылдзыл тыхта. Директоры хип митæ куыннæ рæхуыстаиккой. йæ хæдивджы- ты æмæ хъуыр-хъуыр кæпын куы байдыдтон, уæд сын афтæ зæгъы: — Ысс, мацы дзурут, æрзæты æвæрæитæм уып фæндаг ара- зып. Бонтæ цыдысты, æмæ Ходонгомы фыццаг уæрм (забой) куы фæзынд, уæд хъæуы адæм дыууæ дихы фесты. Иутæ къаз- пайы’ фарс хæцыдысты, гæмæх хæхтæй дам нын цы пайда и? Аипæтæ та дзырдтой, абон дам сыи сыджыты къуыбар куы радтæм, уæд дам, пып райсом та нæ Фыры дур æрцагурдзысты. 68
Хъуыддаг фæкарз, æмæ та уæд Счастливцев дæр иог мадзал ссардта. Зыгъуыммæ адæмы быдырмæ алпдзыпмæ сцыбæл код- та æмæ сын сæрмагонд гæххæтт сарæзта. Хъаугъаны зыиг ахуыс- сыд, æмæ 1848 азы Ходæй дыууадæс хæдзары æд мыстытæ сыстадысты æмæ хърихъуппыты халау Уæлладжыры комы дæ- лæмæ алæвæрдтой. Уыдонæй фондз хæдзары уыдысты Хъапты- хътæй, цыппар хæдзары Дзугкойтæй, æртæ та Созаптæй. Уæрдæтты гыбар-гыбур æмæ къæбæлдзыг пард фосы æм- буйæ къæдзæхтæ арыдтой. Тæмисчъы дæле Цъыфджыны сихор куы бахордтой, уæд сын сæ хистæр Дзигъа афтæ зæгъы: — Мах стæм Ходоп, æртæ мыггаджы мипæвæрттæ æмæ пæ райгуырæи хъæуæй лидзæм Зæропд Бæтæхъойыхъæумæ. Уым пæ алыварс уыдзæни бирæ æнахуыр мыггæгтæ, сæхи мипиуджы- тæ ’мæ сæхи æгъдæуттимæ. Ныр цы мыггæгтæ хæссæм, афтæ- мæй махæн уыдон æхсæп зып цæрæн уыдзæп, уымæп æмæ гыц- цыл мыггаг æдых у, Фæлтау баздæхæм æмæ регистрацигæпæн пункты нæхи иу мыггагæй Ход, зæгъгæ схопæм. Уыцы уыпаф- фæ се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ Иры дзыхъы ног мыг- гаг сызгъæрип талатæ суагъта. Абон дæр æй сæ фæлтæртæ кад æмæ радимæ хæссынц. Чи сæ кæцы уидагæй рантыст, уый дæр нæма ферох кодтой. 1855 азты Садопы æрзæты къæбицæн фæзынди пог дирек- тор Николай Филькович. Ног цъылын мæрзаг вæййы æмæ> Филькович дæр куы бамбæрста, æрзæты дзаджджыптæ черды- гæй сты, уый, уæд Ходы къæхты бып рувасау атылд. Иу хуы- цаубон дæр сæ уæгъд нал уагъта, русзмæлæп, былдауæптæ сын кодта, афтæмæй йæ мыртт-мыртт та Æрдузы рагъмæ уыди. Йæ пайда йын рагацау баиымадта æмæ йып фадат куы фæци, уæд йæ саджил фат фехста: — Уæллæй, Ход, иу сахъатдзинадæй куы фервæзиккат, уæд уын ацы комы æмбал пæ уаид. — Ау, æмæ нæм цымæ цавæр сахъат бафпппапдта пæ уазæ- джы цæст,— бадис кодта Ныхасы хпстæртæй иу, Биас, æмæ йæ урс зæлдаг зачъетæ адаудта: — Чи зоны, сымахмæ ахæм аипп уадиссаг нæ кæсы, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, Ходы хуызæн стыр хъæу æпæ аргъуанæй пæ фидауы,— гæркъайы цæг балхыпцъгæнæгау загъта Филькович. — Уастырджийыстæн, тынг раст зæгъы пæ уазæг,— базмæ- лыдысты адæм, фæлæ йын бæлвырд дзуапп куы пичи радта, уæд сын сæ касыл сой ауагъта: — Мæ уарзон хъæубæстæп уыцы хорздзинад мæ цæст уар- зы, æмæ уæ кæд Чырыстийы хорзæх хъæуы, уæд уын мæнæ лæгу— йæ цъæх цæстытæ ферггывтой Садоны хицауæн. — Канд аргъуан нæ, мæ хур, скъоламæ дæр бæргæ бæл- 69
лæм, фæлæ пæ зоид — къуымых, нæ арм — цыбыр æмæ, даё рки- тæ ахæрон, цы бакæнæм? — йæхи бакъултæ кодта Биас. — Уæдæ кæд разы стут, уæд а дыууæ боны Хуыцауы фæр- цы куыст базмæлдзæн,— хъæбæрæй зæрдæ бавæрдта æрзæт- къахæнты ног хицау æмæ хистæртæм йæ къух радта. Къазна мыййаг дæсны инженертæ хъуаг иæ уыд. Уыдон иог ар&зтады быпат равзæрстой хъæуы сæр Фыры дуры цур. Фы- сымтæ дзы туг суагътой, стыр Хуыцауæй хатыр ракуырдтой, æмæ дыккаг боп Фильковичы кусджытæ Ходы аргъуанæн бын- дур æвæрынмæ бавиæлдтой. Куыст цыди пардуатæй. Хъæуы цæрджытæй дæр, чи кæм арæхст, уым йе ’ххуысы хай кодта, афтæмæй бонтæ адаргъ сты. Цы дардыл æй ’дзурæм, райдайæн кæмæп уа, уымæн кæрон дæр вæййы. Фондз азы фæстæ ’Ходы диссаджы аргъуаны дзæнгæрджыты хъæр æнæхъæн комыл айхъуыст æмæ йæм дзыл- лæтæ уыпынмæ цыдысты. Уыдис дзы æртæ кусæн уæрæх залы æмæ дипы кусджытæн дыууæ райдзаст фатеры. Кусæп залтæ аив фæлгопц уыдйсты сызгъæрин æмæ æвзистæй конд алы дис- сæгтæй æмæ хурау тæмæнтæ калдтой. Уыди дзы зæдтæ ’мæ дауджыты бирæ хуызистытæ, фæлæ дзы адæймаджы цæст сæ- химæ тынгдæр здæхтой Мадымайрæм æмæ Чырыстийы сурæт- тæ. Галуап æддаг бакастæй та æвдыста дзуары ныв. Сентябры 12-æм бон 1900 азы Ирыстоны зæдтæ цыма се ’ппæт дæр Ходмæ æртахтысты, уыйау бæстæ ныррухс. Уыднс Чырыстийы ног кувæндоны рухсгæнæн бон æмæ йæм бæрæгбо- ны дарæсы табу кæиыпмæ цыдысты. Дзæуджыхъæуæй æрцы- дысты облæсты хицау инæлар-майор Толстов, окруджы хицау булкъон Вырубов, архиерей Владимир цыппар сауджынимæ, дины зарджыты къорд, диакъон æмæ Æрыдоны дины семина- ры æрвыст лæгтæ. Хъæубæстæ афæлдæхтой, фæндзгай азтæ кæуыл цыд, ахæм æртæ пывонд хъулон галы æмæ цытджын бæрæгбон ныггуыпп ласта. Фынджы хистæртимæ кадджын быцаты бадтис Ходы аргъуап-скъола саразæг, Садоиы æрзæткъахæпты директор бе- лоруссаг адæмы минæвар Николай Филькович, æмæ йæ рæхс- пæг цæсгомыл хуртæ, мæйтæ хъазыдысты. Хæхтæ дæр лæггад- гæнджытау уырдыг слæууыдысты æмæ буц уазджытыл рай- дзаст цæстæпгасæй узæлыдысты. Уадымс дæр йæхиуыл нал ауæрста, гæлæбуйау сыл йæ рог базыртæй фу-фу кодта. Хъæд- даг мæргътæ дæр уыцы бон сæ арф æвæрæнтæм бавнæлдтой æмæ гъæйтты зарæг пал æнцад. Фысымтæ сæ буц уазджыты цармæ куы скæсын кодтой, уæд сæ хæрзгæнæгæи хъæубæсты номæй арфæйы нуазæн радтой: — Дæ хæрзтæп аргъгæнæг. аргъ пе ссардзæн, фæлæ нæ дæ 70
хорзæхæй æфсармы быпаты быптои ма ныууадз,— бахатыд æм Биас. Фильковичы цъæх цæстытæ ферттывтой æмæ уæздаи дзуапп радта: — Ацы хъæубæстæ мæнæй ницы хæсджын сты. Æз æрмæст- дæр баххæст кодтон Хуыцауы фæндон æмæ уæ йæ хорзæх уæд, фæлæ уæ кæд афтæ фæнды, уæд-иу алы куывды дæр мæ по- мыл иу рæгъ фæкæнут,— бахудти аргъуаиаразæг æмæ йæ нуа- зæн къæрццæмдзæгъдимæ банызта. Уый фæстæ хъæубæсты адæм æмхъæлæсæй Николай Филь- ковичы сæвзæрстой Ходы кадджын хистæрæй æмæ ард бахорд- той, абонæй фæстæмæ дыи дæ фæдзæхст æххæст кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ рæстæг æгъатыр у. Æндæр бæхыл бабадт æмæ социалистои иог фæндагыл асæпп ласта. Æвæццæгæн, Филько- вичæй мæрдты стæгдар дæр нал уыд, фæлæ йып йæ рухс ном бирæ азты дæргъы Ход иæ рох кодтой. 1940 азы Созайты Дзæм- мæрзы хæдзары ма æз мæхи хъустæй фехъуыстон йæ рухсаджы рæгъ. Кæд цард æндæр фæндæгтыл ахæцыд, уæддæр æрзæткъа- хæнты кусджытæ Ходы хъæуимæ сæ бастдзинад нæ фехæлдтой. Æрхæсдзыстæм дзы дыууæ дæнцæджы: «Наркомтруд Горреспублики, Грознеиский губотдел и Кав- казский подрайком Всероссийского союза горнорабочих 1 мая 1923 года вручили грамоты и ценные подарки большой группе горняков. Среди них — девяностолетний житель Хода Гоби Кайтуков, проработавший па руднике 67 лет, Мадай Кайтуков, пришедший в шахту подростком, Хаджимусса Едзиев, Михаил Дзугкоев и др.» (газет «Горская правда» 1923 аз, 9-æм май). «12 февраля 1923 года представители подрайкома горняков собрали всех жителей селения Ход и торжествепно объявили им, что союз горняков, объедипявший тогда рабочих «Кавцин- ка», Мизурской обогатительной фабрики и Садонских рудников, и редакция газеты «Горская правда» принимают шефство пад их селом. На сходе были объяснепы цели и задачи шефства. С большим вниманием и глубокой заинтересованностыо высту- пали сами сельчане. 21 марта 1923 года газета «Горская прав- да» писала: «Один старик со слезами на глазах говорит, что, прожив в Ходе долгую жизпь, он пе впервые видит рабочего, протянувшего ему братскую руку помощи». («Горская правда», 1923 аз, № 63). Хорз лæгæй хорз нæ рох кæпы. 1933 азы нæ бæстæйыл æх- хормаг аз куы скодта æмæ шахтертæ куы фæтыхстысты, уæд сын Ходы цæрджытæ сæ иумæйаг цæлгæнæнмæ радтой сæдæ сæры кусæрттæгтæ. Уымæй уæлдай ма сын æхсæны зæххыл дæс 71
гектары бæрц ныссагътой картоф. Уалдзæгæй фæззаёгмæ йæ фæкуыстой æмæ дзы цы тыллæг æрæмбырд, уый дæр сын æнæ- хъæнæй радтой. Уыцы хæлардзинады фарн хистæртæй баззад æмæ нын макуы фесæфæд. ÆНÆХАЙЫРЫ ФОНДЗ СОМЫ Дзугкойты Бури йæ мииæвæрттæ Хъайтыхъты Тæтæрхъан- тæм æртыккаг хатт барвыста. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ æууæпчы лæгтæ сразы сты фысымты ранымад ирæдыл æмæ иинæ азы фæззæгмæ сæ ципты нысап бон ныбфастой. Дыууæ хæдзарæн дæр сæхи бацæттæ кæнынмæ афæдзы æм- гъуыд фаг бæргæ уыди, фæлæ куырдуаты, къалатийы бадæг цъиуау уыцы æмгъуыд Майфойæи уæззау фæлварæн уыдис. Боптæ кæд пæхи Афæхъопы бæпдæпау сæхи ивæзтой, уæддæр сæ гуыбындзæл рæстæг цæкуытау уыгъта æмæ нысапгоид æм- гъуыд хæстæгæп-хæстæгдæр кодта. Чыпдзхопæн боимæ ма иу къуыри куы баззад, уæд дыууæ Дзугкойтæ ирæды фос, мады бæх, æпæ нфтыгъд дыууæ уæпы- джы, авд стуры æмæ æртиссæдз фысы Тæтæрхъапы кæрты скуыси кодтой. Фосы конд хæдзарæн цæсты рухс бæргæ уыды- сты, фæлæ сæ ирæды æхцатæ фондз сомы къахыры тыххæй дзырддаг рауадысты. Уазджытæ бæргæ лæгъстæ кодтой, æхца пæ арæм æмæ фо- сыл иу сæр бафтаудзыстæм, зæгъгæ, фæлæ «Чызгджын — тых- джын» мæпгæн нæ акæпынц, мыггаджы хистæр ныффæрск, лæг дам йæ ныхасæй лæг у æмæ дам нæ уынаффæ нæ раив-баив кæпæм. Ирон æгъдæуттæм гæсгæ чызг куырдуаты æнæ исты бæллæх æрцæугæйæ æмгъуыдæй фылдæр куы бадтаид, уæд канд сиах- сæн иæ, фæлæ æпæхъæн мыггагæп дæр уый уадулы къæрццау уыдис. Æмæ Бури йæ мыггаджы цæсты бафтауыны бæсты баз- дæхт æмæ Майфойы куырдуатæй аскъæфта. Майфойы æрвадæлтæ хъæу арвистопау сызмæстой. Иу къу- ым, иу каурæбын дæр сын æнæсгæрст пал баззад, фæлæ би- рæгъау фæдургом сты, æмæ сæ тæвд куы ’рцыд, уæд сæ адæм бафидауып кодтон. Чындзæхсæвы фæстæ Майфо йæ дыстæ арф бафæлдæхта æмæ канд хæдзарыл пæ, пог цъылыпау ма йæ æрмдзæф сыхæг- тыл дæр фæзынд. Æрмæст æм цыма Бынатыхицау йæхи атигъ кодта, уыйау ын цыдæр тас хъæддзиццау йæ фæлмæп зæрдæ æхсыдта. Цыма йæм къуымæн агъуыд бирæгъ ралæбурдзæн, уыпау йæ уды тæпп-тæпп цыди. 72
Телыхъæдау бæрзопд, туасбыпдзау иарæг астæу, сагау хæрз- конд уыдысты Майфойы цыппар æфсымæры. Æвзонг лæппутæй баззадысты фыды амарды фæстæ, фæлæ мæлдзыджытау æнцой нæ зыдтой æмæ хæдзары бæркад нæ фæцудыдта. Хистæр æф- сымæр йæ тыхджыи арм хуымы гæппæлтæ æмæ уыгæрдæнтыл дардта, дыууæ астæуккаджы æвджид фæсæфцæг Сау хъæды сæ фос уыдысты. Хæдзары лыстæг куыстытæ та мадимæ æх- хæст кодта сæ буц кæстæр Джеор, афтæмæй бонтæ æрвыстой, уæдæ цы у’ыдаид. Тæтæрхъапæн нæзы бæласы писийау пæ гуыбыиы фиу æд- дæмæ куы рахъардтаид, уæддæр йæ къуымбил дæрзæг уæлæф- тау лæгъз хæдон æмæ хæлафæй раивып йæ бон пæ бауыдаид. Иуæй æхцайы капскк цыкурайы фæрдыгæй зындæр арæп уыд, анпæмæй та хæхты цъассытæм хъуымацы гæппæл стæм хатт æфтыд, æмæ цыппар усгур æфсымæрæн се ’ргъæу цæрæпты мыст цæуыл ацин кодтаид, уый дæр нæ уыд. «Ай бодзæп кæрц ^гæу»,— иуахæмы ныууынаффæ кодта Тæтæрхъан æмæ Хъарсы Дс рд фæндагыл æхца кусыпмæ афардæг. Бонвæрпон стъалыпау Джеоры аив гуырыконд æмгæртты æхсæн бæрæг дардта, фæлæ йе ’фсымæртæй уæлдай уыди на- латдæр, æгъатырдæр. Уыцы мипиуæг ыл æвзопгæй дæр бæрæг уыд, æмæ-иу йæ фыд афтæ дзураг уыд: «Ацы лæппу йæхи ни- зæй нæ амæлдзæп». Тæтæрхъаны балцы фæстæ Джеорæн йæ чъепп йæ бар сси æмæ кæйдæр дзæгъæл пъирийы ардыдæй, пæ хæс пып, пæ хæс пып, зæгъгæ, Бурийы хурхы хал сласта. — Гормон, адæмы цæсты дæхи цæмæп æфтауыс, ау, дæ иу- нæг хойæи фондз сомы аргъ нæ кæпыс? — йæ хъуыры цъар ивæзта мад, фæлæ-иу фырт цæхæр акалдта: — Бахатыр кæп, дзыцца, æдылыйы быпаты пæ ма ’вæрæд Бури, лæгау уал йæ пыхас сæххæст кæнæд æмæ йып сæ мах фæстæмæ дывæрæй барвитдзыстæм. — Мæ уд исыи мæ бауадзут, хæс мæ уæлæ нæ ныууадздзы- нæн,— зæрдæтæ æвæрдта сиахс дæр, фæлæ Джеор нал иыббых- сыдта æмæ иу изæр Бурийы зыгъар дугъоп бæхы сæхимæ æр- бацеу-цеу кодта. — Гъе, гъе, пыр ам цыдæр бæллæх уыдзæп,— кæрæдзийы хъусты дыв-дыв кодтой цымыдис адæм æмæ нæ фæрæдыдысты. Джеор фыдæнæпгæпæгау Бурийы бæхы рагъæй æддæмæ пал хызт. Бон-сауизæрмæ йæ хъæугæрæтты æпæджелбегг ратæр- батæр кодта. Иуахæмы та йыл цæугæдопы сæрты асæррæтт кодта. Бæхы фæстаг къæхты бып пæудзар ныттыдта æмæ ду- рыл пæ дæндæгты пырх акалд. 73
— Фæлтау мын мæ каис мæхи æфсæртæ куы асастаид,— ныууынæргъыдта Бури, фæлæ йæ рахиз къухыл галиуæй ных- хæцыд æмæ йæ стæлфын дæр нæ бауагъта. Æрмæст Джеормæ баминæвар кодта, мæ бæх мын кæцæй аластай, уырдæм æй æрбалас, зæгъгæ. — Дæ хæс бафид æмæ дыи бæх,—• уыди цыбырæй Джеоры дзуапп. Хъæддзау лæг йæ маст йæ пыхыл хæссы. Бури хъæдæй схæццæ æмæ хæрæгуаргъ сугтæ кæрты куыд æфспайдта, афтæ йын кæйдæр къæдзæххалæн æвзаг йæ хъусы бауасыд: — Ды уал дæ хæрæджы дæлдымæг арфдæр балæс, фæлæ ма уартæ дæ бæхы фæздæгмæ акæс. Хъæуы æдде Хуымыхъусы, цыма Джеор æмæ Зпауыр сæ зæронд мæрдтæн дугъ уагътой, уыйау дыууæрдæм тъæбæрттæй уадысты. Бæхтæ сæ фыидзтæй уазал æхситт кодтой, сæ хид къоппæй калди. Бурийы галиу къухы бон ницыуал баци. Хæдзарæй фоидзæх- стон раскъæфта æмæ сисаууонæй ныббогъ кодта: — Гъæтт, Джеор, дæ фæстаджы боп æрхæццæ! — æмæ топ- пы гæрах арвау ныннæрыд. Барæг бæхы фæзылдта æмæ, йе ’ккойæ топп фелвасынмæ куыд хъавыд, афтæ Бурийы фопдзæхстоны дыккаг нæмыг йæ тæккæ ныхыл сæмбæлд. Лæппу æнæ сыппæй зæхмæ æрфæл- дæхт. Æнæрцæф усгуры тæвд туг Хуымыхъусы суадонмæ фе- мæхст æмæ уым игæры къæрттау къæтæртæ кодта. Мад йæ уæрджытæ хойгæ ратахт æмæ йæ буц хъæбулы мардыл дæл- гоммæйæ баззад. Майфойы иргъæвæг иргъæвын нал фæрæзта. Йæхпуыл царм, буар иал пыууагъта. — Дæдæй, мæ бон куыд бакалди,— райхъуыст ныййарæджы уынгæг хъарæг, æмæ дæттæ сæ цæуыпæй фенцадысты, хæхтыл ихæприз бахæцыд, кæд арв сыгъдæг уыд, уæддæр йæ цæссыг- тæ æргæр-гæр кодтой. Чи зоны, æнæхаиры ирæды фопдз сомы ма цы бæллæхтæ расайдтаиккой, фæлæ хæхты æнкъуысын чи нæ уагъта, дæтты та æггуырсын, урсзачъе куырыхон лæгтæ уыцы ироы æгъдау дыууæ мыггаджы ’хсæн æрæвæрдтой, æмæ туджы цырен сын- дæггай æрмынæг, топпыхосы фæздæг байсыст. Æрмæст фон- дзæхстоны нæмыг цы кæрдзын асаста, уый нал баныхæст. Бури Ходæй æхсæвыгон фæлыгъд æмæ йæ царды бонтæ Æрыдоны арвыста. , Майфо та, мæгуырæг, афæдзы фæстæ йæ саутæ куы систа, уæд ыл дзурджытæ фæци æмæ æпдæр мыггагмæ йæ амонд ссардта. 74
ÆФСÆЙНАГ БЕЛЫ АРГЪ Дарвазы бæрзонд цъуппыл мæсыджы тæккæ фарсмæ зæ- ропд дзæбидырау лæууыди æлыгсæр агъуыст æмæ армытъæ- пæнмæ кæсæгау йæ фæллад цæстытæ хъæуы сæгдзыд хæдзæрт- тæй пæ иста. Ацы къонайы хицау саударæг Госæма æмæ уад- иад мæсыгæй чи хистæр, чи фæлладдæр уыд, уымæн иунæг кад- джып Хуыцау дæсиы. Карз тымыгътæ, хуры араугæ тынтæ æмæ уæззау рæстæджы цыргъ дæидæгтæ мæсыджы бæзджын был- тæ фæкъахыр кодтой. Йæ тигътæ йып æхсыдтой, йæ хъæбæр фæрстыл ын цъæх хъуына æвæрдтой, æмæ кæддæры иыфсы мæсыгæи йæ дуртæ зæронд лæджы дæндæгтау иугай-дыгай згъæлдыаты. Йæ дуг фæци Хъайтыхъы мæсыгæи, æмæ кæд сын- тытæ, халæтты йеддæмæ йæ сæр никæй уал хъуыд, уæддæр æм фæстаг дуры онг йæ гæрзтæ æрæвæрыпы фæнд нæ уыд. Сыхаджы низ хæцаг у, зæгъгæ, мæнгæн пæ акæпыиц. Фы- дуаг рæстæг Госæмайæн дæр аккаг фæци. Мæсыгæй æрхауæг дуртау ын сау мæлæт, дыууæ азмæ йæ бииопты авдæй аны- хъуырдта. Стыр хæдзары уазал къуымы ма дыууæ тихалæгау дзедзыройгæнгæ аззадысты дыууæаздзыд чызг Гидзиу æмæ ав- дæны баст лæппу Майрæм. Уыдоны гыццыл къухтæ нæ бауагъ- той сæ фыдымады тæиæг фæрстæ атонын. Авд зианы хистытæ æмæ кæпдтæ ныхы сæрау сгæмæх кодтой Госæмайы хæдзар. Нал дзы уасæджы уаст хъуыст, нал дæр карчы хъуыдатт. Сæ куыдз æмæ гæды та дыууæ сидзæр сабийы тæригъæдмæ кæсыи нал фæрæзтоп æмæ кæдæмдæр фæлыгъды- сты. Саударæг зæронд ус уадау æпцой иал зыдта. Адæргæй-иу йæ гыццыл хуры йæ хус риуыл дæр афтыдта, æмæ дын иуахæ- мы сывæллоны цъортт-цъорттмæ хуыскъ адагæй дон ратæдзæ- гау риуы ’хсыр куы ратæдзид. Къуырийы бонмæ сидзæр сабийы фæлурс рустыл сырх æпдахы тæгтæ фæзынд. Йе ’рбадæитæ къуыбар æвæрыы байдыдтой, æмæ Госæмайы рыст зæрдæ фæ- фидардæр. Иæ фæллад цæстытæ фæрухсдæр сты. — Табу дæ бæрзонддзинадæн, Лæгтыдзуар, ацы къонайы зынг хуыссын ма бауадз,— æхсæвæй-бонæй куывта Госæма. Хъайтыхъты сидзæргæс Госæмайыл мæгуыры боптæ адаргъ сты. Мæсыджы уадæфхæрд дуртау йæ буар зæххæнгæс райста. Фырзæрондæй йыл тымбылкъухы йас зокъотæ рахæцыд, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ саст, йæ уæраг нæ тасыд, афтæмæй йæ цардæп мадзæлттæ кодта. Йæ дыууæ сидзæры, Гидзиу æмæ Майрæм, донæфсис талабæлæстау рæз хастой. Уалдзыгон ху- рау сыл хъæубæсты адæм цип кодтой æмæ, чи цæмæй арæхст, уымæй сæ рæвдыдта. 75
Æвæдза, лæджы æмсæр кадджын сылгоймаг Госæма кæд æвдудон уыди, уæддæр æм адæм æзфæраздæропæй сыпæг куы- пæ фæдардтаиккой, уæд уыйбæрц зыптæн иæ ныббыхсыдаид. Уый разæй йæхи хуымы дзывыр ничи адардтаид, йæ уыгæрдæ- ны цæвæгдзæф ничи скодтаид. Йæ хортæ, йæ хостæ йын æф- снайдтой зиуæн. Иу цпи, иу куывдæй дæр æй æпæрхъуыды ни- куы уагътой. Суаиг ма йып цуанæттæ дæр æмбæлæггаджы хуын- тæ æрвыстоп æмæ йæ цæхджыи фыдты сой царæй зæхмæ тагъди. Саударæг, сидзæргæс сылгоймагыл азтæ пытътъанг сты æмæ æцусон бæласы æфхæрд цъарау йæ царм йæ уæлæ хус кодта. Кæддæры тасаг астæутæ дæр фæгуыбыр сты, йæ коммæ нал кастысты. Æрмæст йæ дыууæ хуры тыны цинæй нæ сау цæсты- ты æрттывд нæ мынæг кодта, йæ къахы айст пæ цудыдта. * — Дæ хорзæхæй Госæма, дæ саутæ кæд раласдзынæ? — иу æмæ йæм дыууæ хатты пе ’рхатыдысты хъæуы куырыхон хис- тæртæ æмæ сын æдзухдæр иу дзуапп лæвæрдта: — Кæд мæ ахæм амонд уа, уæд Майрæмы чыпдзæхсæвы.— Цæмæй зыдта, мæгуырæг, уымæ дæр та йын удхæссæг йæ цæ- вæг кæй дауы, уый. Цы уыди, уæддæр сидзæр чызг æмæ лæппуйæп сæ лæппын хъуын азгъæлд æмæ сæ дидинæджы кары бацыдысты. Се ’мгар фæсивæд сыл афтæ æнувыд уыдысты, æмæ æпæ уыдон сæ хъуы- ры уазал дон дæр нæ цыд, сæ комы къæбæр ад пæ кодта. Май- рæм æмæ Гидзиу цы хъазты нæ балæууыдаиккой, уый фидаугæ дæр нæ кодта. Сæ аив кафт, сæ хъæлдзæг зардыл-иу сын адæм сæ цæстытæ æрæвæрдтой, афтæмæй Госæмайы саутæ исæн боп хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Ход уæлхох быдыр бæргæ у, фæлæ æвадат у фæндагæй. Цалх тулыи æм нæ уадзынц æртæ бæрзонд æфцæджы æмæ иу арф уыпгæг ком. Авд дæлзæхмæ кæсæгау уыцы коммæ Дарвазы рындзæй куы иыккæсай, уæд дзы далæ бынæп кæмдæр Садоны дзыхъ къанпæг æвзист тæбæгъау æрттивы. Уырдыгæй Ходоп адæм мадзал кодтой фæтæгеи, сапон, цæхх æмæ æндæр ахæм лыстæг дзауматæ. Йæ фæндаг та ахæм сæрзилæн уыд, æмæ-иу дзы фæндаггон йæ уд йæ къухы хаста. Суапг ма дзы гæды дæр æдасæй цæуыи нæ уæпдыд. Кæмæн-иу дзы йæ хæрæг æд уаргъ асхъиудта, кæмæн та йæ дарæг бæх. Уæдæ дзы адæймаджы фыдбылызтæ цал æрцыд, уымæн та Дарвазы былæй фæлгæсæг мæсыг æвдисæн. Цыфæпды фыдрæстæг кæнæд, уæддæр бонтæ фарн æрхæс- сыпц. Садоиы æрзæткъахæнты фæрцы Ходмæ дæр рухсы цъыртт бакасти. Кæмæдæрты фæзыпд æфсæйнаг кусæнгæрзтæ — бел, къахæн, мæцъис, æмæ иу бон хæйрæгбадæп Гæдыты ком æмри- зæджы пыррызт. Æвзалыйы лыстæг хаххы хуызæн зул-мул 76
фæпдагыл Ход дыууæфондзыссæдз лæгæй арæгъ сты æмæ йын æртæ бонмæ йæ пырх скалдтой. Гæдыты комæй суанг Æрдузы’ рагъмæ, цæгатварсы тæссæртты камари ропау анвæзти бага- лæг тулæн лæгъз фæпдаг. Фæллад адæм рпуыдзаг сулæфыдысты. Комы уазал доны сæхи пыхсадтой æмæ нæртоп минасы сæ Хуыцауы пом ссард- той. Дзуары лæг Къамбе ног арæзт фæндаджы сæрыл сойы къус ауагъта. Ходы Уастырджийы зарæг комы ныппæрыд æмæ комæй-коммæ, хохæй-хохмæ азæлгæ ацыд. Уалынмæ хистæртæ сæрмагопд гаджидау ауагътой зиу самидингæнæг, йæ куысты хай раздæр фæуæг, фæсивæды раздзог Майрæмы цæрæпбопы тыххæй, æмæ та фæсивæды омменæй хæхтæ, къæдзæхтæ пый- пазæлыдысты. Госæмайы иупæг хистæрты раз æфсармдзастæй æрлæууыд. Радтой пæм кады иуазæн галы сгуыимæ, фæлæ йып æй къуы- мæлдзæф Едзиты Барис йæ къухæй акъахта æмæ знæт дыдынау пæ дыв-дыв ссыди: — Дæхи бынтондæр цы ныммæлхъ кодтай! Мæнау хъæдып фыйнаг, хъæдын мæцъисæй куы архайдтаис, уæд дæ былтæ Га- дбйы хæрæгау æруадзис,— йæхæдæг бæгæныйы къус йæ тæккæ бынтæй пыххырхта. Майрæм æпæуи дæр йæ чемы нæ уыд. Зноп ып йæ бел адав- дæуыд æмæ, чысыл ма бахъæуа, галы уæззау сгуы Барисы был- тыл ма сæмбæла. Фæлæ йæ амопд бахæрæд, цъитисæр хистæр- ты фарн Уастырджийау се ’хсæн лæууыди, æмæ фыдæхы аг пæ рафыхт. — Барис, зонгæйæ уæд,— загъта иыллæг хъæлæсæй Гссæ- мапы иупæ’г æмæ хнстæртæй хатыр ракурыиы фæстæ йæ бы- паты æрбадт. Фыдхъус хæдзархал, зæгъгæ, мæнгæп иæ акæпынц. Куыд нæ фехъуыстаид Гидзиу йе ’фсымæры бафхæрд, къæхтæ æмæ ма йыл къухтæ бафтыдæуыд, афтæмæй. Ноджы ма нып чидæр æихъæлайæ йæ хъусы куы бацагъта, уæ бел уып Барнс бам- бæхста, зæгъгæ, уæд йе ’фсымæрыл цæхæры кæфой бакалдта: — Лæипу, дæ бел дын далæ Едзиты Барис адавта. Ныртæк- кæ йæ куынæ схæссай, уæд дып ацы хæдзары быпат пал ис! Ныхас хæйрæджы нæ уырны. Майрæм хъил фелвæста æмæ уæгъд хæдопы кæртæй федде. Едзиты сыхы æпæ топпы гæрахæй тохы бон пыккодта. Лæ- бурæг æмæ дзы иргъæвæг бæрæг нал уыд. Аххытæ, оххытæ, тымбылкъухы къуппытæ сарæх сты. Кæмæн пæ дæндæгты пырх калдп, кæмæп йæ фыидзы туг фемæхст, æмæ зæхх хъулон адардта. 77
Госæмайæн сау кæлмæрзæи йæ къухы, афтæмæй йыл уыи- джы дæлæмæ цыппар къахы базади. Пыхцылсæрæй хъæлæба- гæнджыты уæлхъус куы алæууыд, раст уыцы уьгсм Барисы æн- дон хъама Майрæмы тъæпгтæ федде кодта. Дуры аппы хуызæн лæппу.фæндаджы хъæбæрыл æрфæлдæхт. Иргъæвджытыл цыма фыцгæ дон бакалд, фæйиæрдæм фæ- пырх сты æмæ сæ цæпгтæ æруагътой. — Нана, хатыр,— сфæрæзта ма Хъайтыхъты иунæг æмæ йæ хуры хай аныгуылд. Госæма æмæ Гидзиуæп сæ бындур ныззылди. Сæ уæззау хъарджытæм Дарвазы мæсыг быпдзарæй пыррызт æмæ йæ фи- дар æмæхгæд къул сæрæй-бынмæ афаз. Адæмы хæкъуырцц æмæ æрдиаг хæхтæ, къæдзæхтæ арыдта. Гæдыты комы уырдыгмæ тъæбæрттæй лыгъди æнæхуд, даст- сæр лæг æмæ йе ’лвæст хъамайы æндон комæй æвæд пог фæн- дагмæ туджы фæзгъæртæ хауди. Госæмайы та, мæгуырæг, хъысмæт марды кæндтытыл сиф- тыгъта. Сынтау-иу сæ уæзæгыл исты архайгæ куы фæзынд, уæд-иу хъæуы сæрæй хъæуы быпмæ къæвдайы сыг рацыд. ÆГЪДÆУТТÆ Æмтгæй райсгæйæ хохаг ирон хъæуты æгъдæуттæ иухуызон уыдысты, фæлæ дзы уæддæр кæмдæрты цыдæр хицæн фæзи- лæнтæ уыди. Ходон лæгæп йæ сæр хъуамæ уыданд булкъдаст. Ходон лæг æрмæстдæр кувгæйæ, кæнæ арфæгæнгæйæ иста йæ худ. Ходоп лæг сомы кодта: «Хуыцауыстæн», «Уастырджийыс- тæп», сылгоймæгтæ та: «Æфцæджыдзуарыстæп», «Алардыйыс- тæн». Ходы-иу раздæр хус хæрипаг бахордтой, йæ фæдыл та хъæрмхуыпп, кæнæ бас. Ныййарджытæ сæ цотмæ дзырдтой фæспомыгæй, хистæрты раз хи сывæллоныл узæлын иымадтой худинагыл. Уазæджы хынцфарст кæнын нымадтой æнæфепддзинадыл. Дзул, кæиæ чъиритæ састой къухæй, кардæй æвналын сæм не ’мбæлд. Къуымтæм ракæс-бакæсгæпæг уазæджы нымадтой æиæфен- дыл. Ходы лæг æмæ ус кæрæдзимæ дзырдтой: «Уæртæ ус», «Уæр- тæ лæг». Ходон лæг сыдæй куы марданд, уæддæр-иу йæ разы æиæв- нæлд хай уагъта, фыпгисæггаг. 78
Мæгуырæн, сидзæргæсæн æххуыс Ходы нымадтой удыбæс- тæйыл. Ходон сылгоймаг фæдисы куы цыдаид, уæддæр «Ныхасы» рæзты даргъ къахдзæф нæ акодтаид. Ходон адæймаг удисгæйæ дæр кæстæры разæй дон нæ ба- нызтаид. Ходон лæджы уырныпдзинадмæ гæсгæ, кувæггагæй кæстæ- рæн саходын кæнынц, уымæп æмæ уый цас фæстæдæр райгуырд, уыйбæрц æнæтæригъæдджындæр у. Ходон лæгæн йæ фыд, кæнæ йæ хистæр æфсымæры разæй хуыздæр дарæс скæнын йе ’фсарм нæ лæвæрдта. Ходон хæдзар хуырх æмæ зыпджы ад хурныгуылды нæ лæ- вæрдта. Цыфæнды æнафоимæ дæр-иу æфсин бадти æмæ цырагъ дардта йæ лæджы æрцыдмæ. Фæндагыл, бæстыл змæлæг куынæ уыдаид, уæддæр лæг цы- ди разæй, йæ бипойнаг та — æртæ-цыппар санчъехы фæстæдæр. Ходон хæдзарæй хуыиды, кæнæ чындзæхсæвмæ дыууæ лæ- гæй иæ цыдысты. Ходон лæг æмæ ус кæрæдзийæ ахицæн сты, уый 1934 азы онг истори нæ зоиы. Ходоп сылгоймаг цыфæнды мæстджыпæй дæр пæ лæгыл никуы схъæр кодта. Ходон лæгæп йæ уд, йæ дзæцц уыди саргъы бæх. Бнрæ номдзыд лæгтæ рацыд Ходæй. Уыдонимæ: Едзиты Сослæнбег — помдзыд хæдахуыр скульптор, йæ фырт Геор — иывгæнæг, Хъайтыхъты Батырбег — дохтыр, Хъайтыхъты То- тырбег — хъуыстгонд хирург, Хъайтыхъты Геор — адæмон поэт, Къостайы премийы лауреат, Хъайтыхъты Барис — экономист, наукæты капдидат, Хъайтыхъты Хъазджери — Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, Хъайтыхъты Тембблат — Социалистоп Фæллойы Хъæбатыр, Хъайтыхъты Хъазыбег — цпрчы артист, адæмон кæфтыты дæсны, Хъайтыхъты Михал — ахуыргонд- иртасæг, Хъайтыхъты Габо — журналист, Дзугкойты Хъуыр- манхъыз — хæдахуыр ирои хостæгæнæг, Дзугкойты Гæбудза — Шипкæйы хæсты архайæг, сыгъдæг Георгийы æртæ дзуары ка- валер, булкъон, Дзугкойты Къоста — инженер — Мæскуыйы фыццаг метрополитеи аразджытæй иу, йæ фырт Юрий — акаде- мик, Дзугкойты Дæгка — зыпдгонд инжепер, Дзугкойты Лизæ — ипженер, Гатеты Микъала — инженер, Созайты Къоста — профессор. Ацы æпусы, дыууыпæм-æртыиæм азты Ходы адæм пыххæр- рæтт кодтой быдыры хъæутæм æмæ æрцардысты: Къорайы, Урсдоны, Хъарманы, Сындзыхъæуы, Дур-Дуры, Чырыстонхъæ- 79
уы, Ллагпры, Æрыдопы, Змейкæйы æмæ Ставд-Дурты. Ныр- тæккæ Ходы авд мыггагæй Дзæуджыхъæуы цæры 200 хæдза- рæй уæлæмæ. Хæсты хæд агъоммæ ма Ходы хъæуы Хъайтыхъты мыггагæй царди 14 хæдзары, Дзугкойтæй—13, Гатетæй — 4, Едзитæй — 3, Созайтæй— 1, Джерджитæй— 2. Уыцы 39 хæдзарæй Фыды- бæстæйы Стыр хæ-стмæ ацыди дыууæ æмæ дыууиссæдз фæдн- соны. Уыдопæй уæлахизы сæраппоид сæ цард нывондæн æрха- стой — 23. Чи зопы, ацы сæфт хæстонты æпæрцæф стджытæ цы рап, цы бæсты пыххырыз сты хурмæ, фæлæ Ходы хъæуы абопы опг сæ помыл иу дур дæр иичима схънл кодта. Дарвазы былæй сæм бирæ азты фепхъæлмæ касти фыдæлтыккоп мæсыг æмæ ныр сæ мæстæй уый дæр нызгъæлæптæ. О, ме ’дзард хæстоп æмгæрттæ, рухсаг ут! Ныртæккæ ма Ходы цæры цыппар хæдзары, фæлæ, чи зо- ны, бынтоп хъæууатæп ма баззайа. Хъайтыхъты хæрæфырт Сапаты Сем, дам-иу афтæ загъта: «Цытджын Ходы фарпæн сæфæп пæп, уый у фæстагмæйы «цæрæн быпат». Ходы зæххы мæр æлутон бæргæ у, фæлæ йæм уалдзæджы комулæфт æрæгмæ схæццæ вæййы (депджызы æмвæзæй 2300 метры бæрзопддæр). Зымæджы уазал та йæ.æгæр тагъд кæй ныццæвы, уымæ гæсгæ дзы культуроп дыргътæ, халсартæ, нарт- хор æмæ мæпæу пæ цæттæ кодтой. Хорз дзы зади уалдзыгæнд хъуыдалы (тагъд цæттæгæиæг хъæбæр хоры мыггаг), хохаг хъæдур æмæ къабуска. Картоф дæр дзы тугыл скъуыйы, фæлæ зæхх пе ’птыст æмæ нæ садзып райдыдтой æрмæст 1930 азы. Хъæбæрхоры ссадæй фыхтоп кæрдзып, æмыстæ, лауызтæ, чъи- ритæ, уæливыхтæ, хæлтъамæтæ, хъæрмхуыпп, бламыхъ, сир, кас, къæлуа, къуымæл, бæгæны, арахъ. Дойныйæп пызтой сы- лы, хуырх, æхсыр, хъуылæджы цагъд мисын, къæпыты мисын, бæзджын æмæ тæпæг къуымæл, бæгæиы. Тыпг хорз зыдтой хъæддаг халсартæй пайда кæнын дæр. Сæ хæрзаддæр хæри- пæгтæп пу уыдн..— цæхæрайы фых. Кодтой йæ мæнæ афтæ. Æртоп лæппып пысыратæ, хуырхæг, футæг, цъиудзæхæра, хæф- сыкъах, пысырапы мад, хуычъийы сыфтæ, хъолойы сыфтæ. Ныс- сыгъдæг сæ кæн, хæрзæхсад сæ иыккæп æмæ сæ допы рафыц. Сис сæ фæлвыхæй, сæ дон сын акал æмæ сæ хъæдып тæбæгъы (кæпæ фæйнæджы гæппæлтыл) арыигхафæнæй хæрзхост нык- кæп. Уыцы «хост», тыпг туаг чи пæ уа, ахæм хуырхимæ аджы пыккæп, цас æмбæлы, уыйбæрц æм бафтау æхсырысæртæ, парт- хоры ссад, æпчытæ (кæд уарзыс, уæд нучысыл стад фиу) æмæ цæхх. Рафыц сæ æмæ, касау куы фæбæзджып уа, уæд цæхæ- райы фых цæттæ у. 80 .
Хомæй хордтой цæвæгхос, дзындзалæг, лæджирттæг, сæгъы- сыкъа, чъири, мæитæг æмæ йæ зæнг, сæнк, мæзæрæу, æхсæвæ- рæг, кæрог, алыхуызоп гæнгæлытæ, давон, скъуда, пысырайы æууæрцъы, дудгæтæ, нæзыйы мохъо, дзылакъуы, стъæлха, хо- хаг хуыскъæл, хъæддаг уырыдзы, кæркусæг, сыкъамо, хъып- пæг æмæ æпдæртæ, уидæгтæ: къацциу, уизза, хуычъы, мæкæ- рæз, давон, джыджанæ: гагадыргътæ: хъæддаг кæрдо æмæ фæт- къуы, мугæ, цъуй, мыртгæ, къæбырттæг, сыхсы, æхсæр, хъал- гъæн, хъæлæрдзы, дзедырæг, æрыскъæф, мæцкъуы, рагъсис, саунæмыг, æрсмыд, кæркмисындзæг, тырты, дурвæткъуы æмæ уагъылы. ИРОН ХОСТÆ Хохаг лæджы роныл цы бирæ æвзист æвзæгтæ зæу-зæу код- ., та, уыдон фидыцы тыххæй нæ уыдысты. Сæхæдæгсæхицæн цы , хостæ арæзтой, уыдонæн æвæрæнтæ уыдысты. Ходон адæм ни- 1 зы ныхмæ тох кодтой мæнæ ахæм мадзæлттæй. Уæлæнгай хъæдгом. Къухы, кæиæ къахы лыгыл, туг бауро- • мыны тыххæй æвæрдтой хæлуарæджы тын. Цæмæй хъæдгом тагъддæр байгас уыдаид, уый тыххæй та йыл æвæрдтой бйайы сыф. Уыцы зайæгой у бæзджын сыфджып, йæ ныллæг зæпгтæ сыфтæй пæ зыпынц, сæ доп бæзджьгнгомау, ивæзаг. Сыфæп йæ тæнæг цъар растигъ æмæ йæ хъæдгомыл сæвæр. Зайы хуыр- джын рæтты, къæдзæхты фæхстыл. Арф хъæдгом. Цæмæй дзы чъизи ма бахауа, уый тыххæй йæ æхсадтой стуры хъарм сойæ. Уый фæстæ йыл æвæрдтой фæл- вых хъæдындз. Хæф хъæдгом æхсадтой залгъæды къуыбырты донæй, зæрстой йыл бæрзы къуыбырты фæпык кæнæ хи копд топпыхос. Хъæдгомæи йе ’взæр фыд сыгъдæг кæиыпæп хорз мадзал уыдис сырх калмы сой кæнæ тæрхъусы хуылфы фиу. Зындзæбæхгæнæн арф лыджы æвæрдтой ипджып цыхт кæнæ удæгас уаллæттæ хæрзæхсадæй. Уыдон куы батайынц, уæд сæ донæй хъæдгом пог фыд æвæрыи байдайы æмæ сдзæбæх вæййы. Хъæдгоммæ зилджытæ ма мадзал кодтой суары дуртæй дæр. Уыцы дурты уымæлæй кæрæдзиуыл ныххаф, йæ ламидопæй йын хъæдгом æхс æмæ адзæбæх уыдзæн. Уымæй дарддæр ма хъæдгомæн хос , кодтой мæпæ ахæм зайæгойтæй: Дугъысыф: вæййы пæл æмæ сыл. Хосæп дзы хуыздæр у иæл. Уый базонæн ис, сæ сыфтæ æмæ къæбилатæм гæсгæ. Цæлы сыфтæ сты фæтæндæр, йæ къæбила та ныллæгдæр. 6 Мах дуг № 11—12 81
Лывдзæг: зайы хъацæиджын бынæтты, ацæуы фæйнæрдæм йæ алыварс зайæгойтыл тыхсгæ. Йæ дидииæджы хуыз вæййы урс кæнæ сырхбын. Бæхысæфтæг: зайы адаггæрæтты, уымæл рæтты. Йæ уида- гæй йын пайда кæнынц стæгнизы ныхмæ. Уый тыххæй уидаг хъæуы ныхсын, байтауыпц æй арахъыл æмæ йæ нуазыиц. Йæ сыфтæ йын æвæрыпц хъæдгомыл. Доны хъуына: схус æй кæнынц, баууæрдынц æй æмæ йæ туг уромыны тыххæй зæрынц лыгыл. Кæлдæф: зайы къæдзæх рæтты. Иæ донæй йын æхсынц хъæд- гом кæпæ та йыл æй сæвæрыпц. Цъиудзæхæра: зайы хъацæнджып рæтты. Йæ сыфтæ йын æвæрыпц хъæдгомыл. Хæрзад у йæ цæхдон. Кæнынц дзы цæ- хæрайы фых æмæ цæхæраджын дæр. Залмы сыф: зайы уымæл рæтты. Йæ сыф ып æвæрдтой ног, лыгыл. йæ хих та стыгъдæй æвæрдтой буаслыйы (гимаройы) рæстæджы риссæп быиаты. Гæдыйыдымæг: йæ зæпг цæуы бæрзонд, йæ сæр кæрвæдз- мæнæуы æфсирау пух, фæлмæн. Ахæм кæрдæг æвæрдтой ног лыгыл туг бауромыны тыххæй. Къаппа-къуппа: уый æхсырæй сæрстой хъæдгом, пайда дзы кодтой игæр æмæ ахсæпы пизтæн. Басгæрдæг: уымæн йæ сыфтæ æвæрдтой хъæдгомыл. Йæ дон ын пуæзтой игæр æмæ риуы тыххæй, йæ цай та хорз æххуыс кæны хуыфæджы ныхмæ. Цæвæгхос: у бирæ къалиуджын, бур дидииæг ын. Йæ сыф- тæ кæнынц булчъы сыфты ад. Хос дзы кодтой хъæдгомæн, игæ- р.æп, изгард сафынæн, хуылф куы тыппыр кæна, тъæнгтæи, буаслыйæп, хъуыртæн, сыгъдæи, дæндæгты фыдтæ фидар кæ- иыиæн. Мæнтæг: йæ уидаг дæр, йæ зæпг дæр бæззынц хæрынмæ. Йæ сыф у туг уромæи, йæ уидаг хорз у сæкæрпизæп, зæрдæ æмæ игæрæн. Мæнтæджы доп пуæзтой буаслыйæ рынчынтæ, йæ уидаг ын хордзоны бакæнгæйæ. <1-иэи залгъæды къутæры æигæс, фæлæ йæ дидипæг урс, йæ сыфтæ хъæбæр. Йæ дидииæгæй йын фыхтой цай æмæ йæ ныз- той риу риссыпы рæстæджы. Æхсадтоп дзы хъæдгæмттæ. * * * 1 Стæджы саст. Саст æвæрæг аивазы уæпг æмæ цъæл стджы- тæ кæрæдзийы комкоммæ куы абадынц, уæд ыл сæвæры хал- сары уидаджы хафæпты касгопд, уый æдде та хъæдыи фæрс- 82
чытæ. Састы уæлæ ма æвæрдтой цъахгæры уидаг æмæ айчы бур цæххимæ. Æлвæст. Уæнг йæ бынатæй куы фæцух вæййы, уæд уый хуыйны æлвæст. Йе ’вæрæг басгары æлвæсты бынат, стæй йæ дыууæрдæм зилгæйæ аивазынц. Уæнг куы фæкъæрцц кæны, уæд уый зон æмæ йæ бынаты абадти. Уый’фæстæ йæ хъæуы фæрсчытимæ фидар бабæттып.' Дурæфхæлд. Хæххон къахвæндæгтыл бæгъæввадæй цæугæйæ къахы бын куы сæфхæлы, уæд уый хуыдтой дурæфхæлд. Æвæрд- той йыл æмбыд ахсæн, кæнæ фæлвых хъæдындз. Калмыхæст. Хосгæнджытæ калмдзæфæп хос кодтой хила- гæп йæхицæй. Йæ сæр æмæ-иу ын йæ къæдзил аппæрстой, ин- нæ гуыр та йыи сойы нывæрдтой æмæ дзы пайда кодтоп ба- хъуаджы заман. Æвæрдтой ма йыл айчы бур, калмы хæрв кæиæ ацудас. Æхсадтон йæ донæй дæр. Еска. У фадгæ низ. Буарыл фæзыпы лыстæг сырх тæппæлт- тæ æмæ дудын байдайынц. Нымадтой йæ карз низыл. Ахæм рынчыны-иу сæрстой хæндыджы цæхдонæй кæпæ-иу æй нып- надтой туаг хуырхæй. Цæгæр. У цармы низ. Хæфдзæстытæй фæзыпы хъуыпты бын æмæ буар сгæмæх вæййы. Цæгæрсæрæн йæ туг куыд рахъард- таид, афтæ-пу æй пыххафтой, стæй-иу æй хæлмаджы сойсыгъд бакодтой, сæрстой ма йæ кæндысы донæй дæр. Хæрæджыхойраг. Буарыл фæзыны тымбыл тæппытæй, фæ- кæны хæргæ, дудгæ. Ацы низ дзæбæх кодтой кæндысы допæй, бæрзы допæй æмæ уаллæттæй. Хæрæгхæлмаг. У цармыл хæцгæ низ. Къухы саггæмттæ æмæ буарыл фæзыны лыстæг дондæппалы хуызæн тæппузыртæ æмæ сæ адæймаг ныхыиæй пал фефсæды. Ацы низы ныхмæ-иу сæм- хæццæ кодтой хуыйы сой (æдзæххæп) соидоп, топпыхос æмæ йæ сæрстой уымæй. Æхсадтой ма-иу æй фæтæгеп, кæнæ хи до- ны хуыппæй дæр. Сынкъ. Цæмæй къæртт кæныимæ тагъддæр сбæзза, уый тых- хæй йыл æвæрдтой фæлмæп фых хъæдындз, фосы маст, зæропд ахсæн кæнæ туаг хуырх. Уыдырны. Вæййы цармы уæлæ дæр æмæ цармы быи дæр. Хосгæнджытæ йæ куыпæг кодтой æрцындзы бырынкъæй барыс- чъийы бонты (къуырисæр, æртыццæг æмæ майрæмбон). Цæс- тыты уыдырпыйæн та хос кодтой уаллæттæй. Хæрзæхсадæй-иу сæ агуывзæйы нывæрдтой, чысыл-иу сыл цæхх айзæрстой, куы- пу амардысты, уæд-иу сæ дон æрлæдæрст æмæ-иу дзы цæсты- ты æртахгай тагътой. Цармы уыдырны дзæбæх кæныны тых- хæй ма-иу агуывзæпы æрæмбырд кодтой сæт, уырдæм-иу нык- 6* 83
калдтой мæлдзыджытæ æмæ-иу сæ фондз боны бæрц куы фæдардтой, уæд-иу дзы сæрстой буар. Бызычъи. Хосгæпджытæ йын йæ «мады» бастой сау тæбын кæпæ æпдахæй. Уый куы бахус вæййы, уæд ахауы æмæ йæ лæп- пынтæ дæр азгъæлынц. Дзæбæх æй кодтой сæтæлæгæй дæр. Нытътъæпæн-иу æй кодтоп æмæ-иу æй бызычъийыл бастæй къорд боиы куы бауагътой, уæд-иу азгъæлд. Æвæрдтой ма йыл карчы цъæхбыл, сæрстой йæ уалдзыгоп æхсæрбæласы донæй, куыдзы æхсырæджы æхсырæй, сæрдыгон къæвдайы донæй дæр. Рæуджыты низ. Ироп хосгæнджытæ ахæм рыпчыпæн нуазын кодтой сæгъы сой тæвд æхсыримæ, зыгъарæджы æмæ куыдзы сой кæпæ та бæрзы къуыбырты фых дон мыд æмæ хуыйы соимæ æмхæццæйæ. Тархъæнджын (астхмæ). Рыичынты дзæбæх кодтой фæдæгъды сыфтæй, наз бæласы писийы донæй, джыджынайы æмæ дзын- дзалæджы донæй, дзедырæг æмæ хъуымбылæджы уидæгты фых допæй. Рæуджытæй рынчыитæ æпæ фыцгæйæ хордтой пысырайы æууæрцъы, мæзæрæу æмæ диси. Хуыфæг. Рыпчыптæн дардтой дзæрпайы доп, сæгъы сой, къæдзæххъуыиайы дон, басгæрдæджы дон, дзедырæджы уидæг- ты кæнæ сыфты доп, галæвзаджы дон, дугъысыфы уидæгтæ æмæ дзыккайы сыфы дон фыхæй. Æхснырсæг. Æхспырсæджы рæстæджы, цæмæй фыидз ма пыннуд уа, уый тыххæй-иу сулæфыдысты хæцъилы, тамакойы рыг кæнæ уæдæрттаджы сыф лыстæг æууæрстæй. Гуыбыны низтæ. Сты алыхуызæттæ. Гуыбынииз фæзыпыны рæстæджы хосгæпджытæ рыпчыны хуылф æхсадтой арахъ æмæ доиæй, æхсæдæн хæтæлы фæрцы. Уый фæстæ йын дардтой сæ- гъы маст лыстæг ссадæй донимæ. Тыппыр кæиыны рæстæджы дардтой æвзалыйы дон. Цæмæй гуыбып фæсур уа, уый тыххæй дардтой джеджджын соимæ фыхæй, хордтой хъæддаг кæрдотæ, нызтой мугæ бæласы сыфты доп фыхæй, уисхъæды цъæртты доп, футæджы æмæ фæдæгъды сыфты дон. Бикъæфтыи. Бичъы алыварс-иу гуыбыи куы срысти, уæд-иу гуыбыпы рыст фепцади. Кæлм гуыбынæп хос кодтой бырц, мыд хосгæиæг йæ хистæр æпгуылдз бичъы хуылфы сыздыхта æмæ-иу æмæ арахъ иумæ фыхæй, фæлæ йын тыхджындæр хос фыхтой бирæкъахоп кæрдæгæй. Уый зайы æрмæстдæр къæдзæхтыл, йæ сыфтæ сты цилы сыфты æнгæс, фæлæ ныллæг. Цæмæй хуылф ма сур кæна, уый тыххæй рынчыиæн хæрын кодтбй æхсæртæ, нуазын ын кодтой хæрæгбадæн кæрдæджы дон фыхæй. Уыргты низтæ. Хос сып кодтой иартхоры дзыккуты, уагъы- лытæ æмæ петрушкæтæ иумæ фых допæй, нызтой ма æхсæры 84
æвзалы лыстæггопдæй, æууылдтой гæдыбæласы мидæггаг цъар^ Пайда ма кодтой цæвæгхос æмæ цъиугæрдæгæй дæр. Сæрниз. Сæрнизтæ цалдæр хуызы вæййыиц. Тугцух адæй- магæн фæзилы йæ сæр, кæны лæмæгъ. Дзырд «т’угцухæн» йæ антоним у уæлдай туг, йæ еинонихмтæ та сты «æвзæр туджы низ» æмæ туджы æндæгъдад. Цæмæй æвзæр туг сæры мауал зыл- даид, уый тыххæй хосгæнджытæ лыг кодтой тугдадзии. Лыгыл æпгом æвæрдтой цъирæн сыкъа. Тугцæуæпы рæстæджы йæм дардтой амад къæцæл. Уый фæрцы бæрæг кодтой туджы хуыз. «Æвзæр» туг-иу куы рацыд, уæд лыг бастой мыдадзимæ. Уæл- дай туг кæмæ цыд, уыдон хордтой погдзыд дугъысыфы астæук- кæгтæй æртæ, боп æртæ хатты, фыхтой сусхъæды дидинджытæ, мыртгæтæ, нуæзтой цæвæгхосы дои, хъæндæлы æмæ хом кар- тофы дон. Пысырайы мад у пысырайы хуызæн, фæлæ судзгæ нæ кæны. Ацы кæрдæгæй-иу æртыдтой сæрды æмбис, схус-иу æй кодтой, æмæ-иу куы бахъуыд, уæд-иу æй сфыхтой æмæ йын йæ дон нызтой. Туджы æндæгъдады ныхмæ ма пайда кодтой æндæдзаг кæрдæгæй — хæмыцырихийæ, кæрккъахгæрдæгæй, дурындзæгæй, цъуйы нæмгуытæй æмæ цъулбертæй. Ныхнизы ныхмæ рынчыны ныхыл бастой удæгас цъæх хæфс æмæ йæ иæ истой, цалынмæ амардаид, уæдмæ. Рынчыны ных ма бастой арсы магъзимæ, æвæрдтой йыл нуры цæххимæ, ивæзтой-иу хъустæ, куыд ныкъкъæрццытæ кодтаиккой, афтæ. Хуыдиртæст. Сæры кæхцы ныхæст йæ быпатæй куы фенкъуы- са, уæд уый хуыйны «хуыдиртæст». Рыпчыпы сæр-иу æнгом ба- бастой кæддаг хъуымацæй, стæй-иу сæр тыхджып пыууыгътой, хуыдтытæ сæ бынаты куыд абадтаиккой, афтæ. Талæу. Ахæм рынчыпæи-иу йæ сæр алвыдтой, сау карк-иу æрбаргæвстой, йæ хуылфыдзаумæттæ йын-иу ракалдтой æмæ-иу æй сæрыл худы хуызæн æнгом æркодтой. ФыиДзыхуынчъыты туг бауромыны тыххæй фыдæлтæ пайда кодтой ихы къæртт æмæ цъитийæ. Æвæрдтой сæ къæбутыл æмæ пыхыл. Иннæ мадзал та уыди пысыра. Æртыдтой-иу æй диди- нæг рафтауыны агъоммæ, схус-иу æй кодтой аууопы æмæ-иу уый лыстæг бон иу хатт улæфыдысты фыпдзæп. Дæндагниз. Сахъат, кæнæ хъоздæндаг ласджытæ Ходыхъæуы дæр уыдис. Уыдон дæндагрыст урæдтой мысатыр æмæ карто- фæй. Мысатыр-иу бавæрдтой дæндаджы мæпджы кæрдзыны фæлмæн муримæ. Уый йын фæкъæртт кæны йæ хæф æмæ йын расыгъдæг кæны йе ’взæр фыд. Дæидаджы рыст урæдтой кар- чы мастæй дæр. Бахус-иу æй кодтой æмæ-иу дзы дæндаджы мæрайы чысыл мур бавæрдтой. Дзæбæх æй кодтой къусбын кæрдæгæй дæр. Уымæн-иу йæ мыггæгтæ хусæй сæмхæццæ код- 85-
тон мыдадзимæ. Ссыгъдæг-иу æй кодтой æмæ йып йæ фæздæг уагътой дзыхмæ. Цæсты низтæ. Сты æртæ хуызы: уазæг, кæрдзæвæг æмæ уыдырнй. Цæсты сырх тæпп (тугахст) куы фæзыны, уæд уый хуыдтой «уазæг». Ахæм низ æнцонæй дзæбæх кæны, фыццаг æй чи фена, уый. Рахсы йæ уазал допæй, кæпæ та йæ расæрфы йе ’взагæй. Хосгæпджытæ ахæм рынчыны цæсты тагътой сырх уасæджы къоппайы туг. Кæрдзæвæг фæзыны уæлтъыфалы бын. Цæмæй цæст уыцы низæй сдзæбæх уа, уый тыххæй. йыл-иу ра- сæрфтой хоры нæмыг, цалдæр хатты афтæ дзургæйæ: «Уæ хор зад, уæ хор зад». Цæстдзыды дзæбæх кодтой тутæй, нартхоры сойæ, бæрзы донæй, адæймагæн йæхи сæтæй, дзындзалæджы донæй æмæ, адæймаджы хъусы цы бур чъиу вæййы, уымæй. Хъуырнизтæ. Хуыдзæг (свинкæ) дзæбæх кодтой тæвд хуыр- хæй, æвæрдтой йыл карчы гуцъа дæр. Хъыпы. Куы стыхджыи вæййы, уæд рынчып кæны фæсус. Хосгæнджытæ хъыпы къæртт кодтой теманæй кæнæ та бырынкъ- джып къæдз телæп. Рæсыд-иу сæрстой фæтæгепæй; Хæф ’рацæуыны фæстæ хъæлæс æнхъæвзтой карчы цъæхбылы до- нæй. Ахæм хъуыддагмæ чи арæхст, уый хуыдтой «сызгъæрин къухты хицау». Пайда ма кодтой мыдгæрдæджы ивæзгæ донæй дæр. Хъæлæс-иу дзы ранхъæвзтой цъахгæрдæджы фыхдонæй дæр. Сафрон. У игæрниз. Уыцы низæй рынчын кæны бур. Хос ын кодтой алы мадзæлттæй. Ахæм рынчыны дзæбæх кодтой, бур- низæй цы фос мард, уый игæрæй, къæдоры цыхтæй. Цæмæй йæ бур ссæуа, уый тыххæй рышчынæн дардтой карчы фаджыс. Нык- кæсын-иу æй кодтой удæгас кæсагмæ. Хос ын кодтой мæнæ ахæм зайæгойтæй дæр: хъæндæл, дзындзалæг, тыртыйы уидаг, æрвдидииæг æмæ уагъылыйæ. Гондзи (гайморит). Хæф-иу ныхы куы фæзыпд, уæд-иу æй хосгæпджытæ рацъырдтой сæхи конд цъыртгæнагæй. Цæмæй уыцы хæф рацæуа, уый тыххæй фыхтой залгъæды дидинджы- тæ. Уыдоны тæфмæ рынчыны фыидзæй улæфын кодтой æмæ-иу хæф æрлæдæрст. Хос ма йын кодтой уæдæрттæг кæрдæджы дон фындзыхуыпчъыты ныттадзгæйæ дæр. Æндыснæг. Риссаг буарыл æвæрдтой тæвд фæнык чысыл хызыпы мидæг. Сæмхæццæ-иу кодтой иогуард митимæ цæхх æмæ йæ уымæй æууæрстой. Æвæрдтой ма йыл-иу судзгæ фа- джыс дæр, кæнæ-иу пыххызтысты тæвд æнтыды. Ахæм низæй рынчыитæ дардтой сау фысы фистæй конд фæсмын дзаума. Къæдзнизтæ ма дзæбæх кодтой кæрдæджытæй дæр. Зæгъæм, згъæллаггæрдæджы хыссæ тæвдæй æвæрдтой риссаг бынатыл. 86
Дзæгъæлдзуйæн фыхтой йæ сыфтæ æмæ йыи пызтой йæ доН, йæ уидæгтæ та йын лыстæг хафтæй кодтой тæвд æмæ йæ æвæрд- тон риссаг буарыл. Ахæм низсурæнтыл ма пымадтой хъæлæр- дзы, джеджджын, æхсæнчъыхос, кæндыс, бæрæзе, такъуындела, цъпрæнгæрдæг æмæ æхсæлы. Ахсæннизтæ. Тыххæст, тыхгуыстæй йæ ахсæн кæмæн фæи- вæзт, ахæм рынчыны Ходы дзæбæх кодтой гуыбыибæттæнæй. Изгард чи кодта, уыдонæн та пуазын кодтой стуры кæнæ арсы маст, Фыхтой æмæ сын пуазыи кодтой гæпгæлы æмæ талагæр- дæджы дон. Хуысар (спбирская язва). Ахæм низæй рынчынты дзæбæХ кодтой кæфы мисындзæгæй. Ныллыстæг-иу æй кодтой æмæ йæ рынчыптæ нуæзтой донимæ. Кæнæ та-иу хуысарæй мард стуры фыд сфыхтой æмæ йып йæ басæй цымып кодтой рыпчыпæп. Ризæг. Ахæм рынчын, цæмæй фæтарстаид, уый тыххæн йыл æнæнхъæлæджы калдтой уазал дон кæнæ та йын нуазын код- той йæхи доныхуыпп. Дзæбæх æй кодтой мæнæ ахæм кæрдæ- джытæй дæр. Тæфсгæрдæг. Фыхтой йын йæ сыфтæ æмæ уыцы дон нуазып кодтой рыпчынæп. Гукъа у сындзгæрдæг. Сфыхтой- иу æй æмæ йæ дардтой рынчыыæн. Хуыскъæл (быдираг). Иæ бын у сырх картофы æигæс, хæрын æй кодтой тæфсæгæй рын- чынæн. Рæсыд. Ахæм пизы ныхмæ хосгæнджытæ пайда кодтой би- тъынайæ. Цæхдон-иу дзы сфыхтой æмæ йæ иуазын кодтой рын- чынтæи. Буды доны-иу ныуудæстой хæцъилы гæбаз æмæ-пу уый сæвæрдтой рæсыдыл. Ацы иизтæй уæлдай ма бирæ æпдæр цæмæйдæрты хос кæ- пын зыдтой нæ куырыхон фыдæлтæ, суанг ма ракæй рынчынты чи дзæбæх кодта, ахæм дæснытæ дæр уыди, фæлæ сæм афой- надыл ничи фæцарæхст æмæ’ сæ сусæгдзипæдтæ тъæпæнхъæумæ семæ ахастой. ХОДЫ ЗÆХХЫТÆ Хуымзæххытæ: Буртæ, Дыууæдонастæу, Дæлцыхцыры хуым- тæ, Дæргъытæ, Къулы хуым, Уæлкъохца, Лæгæты сæр, Симо- пы хуым, Фæсхъæзджып, Фæсмус, Фæсцырт, Хуымыхъус, Фæс- хуымыхъус, Хæмыцы хуым, Саумæртæ, Кæкийы хуымтæ, Дæл- куырдадз, Цулагон, Уырдыгæруайæн, Фæсдзуар, Фæскъохци, Хъæзджыны хуымтæ, Фæсхъæзджын. Уыгæрдæнтæ: Дæлрæцау, Цæргæсыбын, Кæрствæд, Уыртæ, Гуылхæрæн рагъ, Къæхтæхсæи, Хъулондуры хосгæрст, Фæс- хъæу, Гуыбынтæ, Фæсдзæгат, Цæгæрсæр, Гæркъайон, Хъæз- 87
джын, Бæлæгътæ, Фæсхъæзджыи, Фæсчъыр, Фæсгæрои, Тыпау, Сычъипых, Хъусæргæвдæи, Уастырджийы фæз, Фæссычъиных, Зыгъардуры ком, Ходон ракæсæн, Хуырхстæдтæ, Хъуынаджын, Дуцæндур, Дæлцъисон, Тымбыл уыгæрдæн, Сауыбын, Сауварс, Елойон, Джерджыдур, Æфцæджы бын, Адæгтæ, Уæллаг диси- джын, Дæллаг дисиджын, Хъуыдæйы хосгæрст. Хатион, Уартау, Къуырф уыгæрдæп, Рæцау, Рæцауы сæр, Рæцауфарс, Хуым- варс, Худисæн, Хуыдзых, Цæвæндзыхъ, Цæгатысæр, Цъулагои. Фосхизæнтæ: Æддаг хуымуат, Мидæггаг хуымуат, Фæс- хурмæсыг, Уæллаг хурмæсыг, Дæллаг хурмæсыг, Фæсдауыдтон, Уариахоæи, Дæлдахъ, Гæлиу зæххытæ, Гуыдыртыком, Быпъы- нытæ, Цæджындзты ком, Стырдур, Бæхыгæрдæн, Сусæнтæ, Лæ- гæты фæрстæ, Хъомривæддон, Фысиайæнкъул. Сусæнтæ, Лæ- гæты фæрстæ, Хъомривæддон, Стырварс, Фардæг, Уæлгуырæйт- тæ, Фæсрагъ, Фæрстæ, Фыдуарæн, Авдæпау, Уæлгоммæ, Хъæ- дысæр, Уæллагдзуарау, Æрхизæнтæ, Æвзагаутæ, Бурлæзгъæр, Бадæптæ, Дыууæдуарастæу, Дæлдарваз, Джигут, Къуыхцытæ, Куыдзтымус, Калмысæр, Майрæмызæиг, Сауысæр, Сондонвахс, Скъæрæитæ, Сæгъдуцæн, Стырдур, Саукъæйтæ, Сындзджын- фарс, Тамаджын уæлвæз, Тæдзынджытæ. Хæхтæ, къæдзæхтæ: Урс хæхтæ, Арсæгоны къæдзæх, Дарваз, Æхсины зæпг, Гыццыл Дарваз, Куыдзæппарæн, Мæсыджы рагъ, Тæдзинкъæдзæх, Гайлайы къæдзæх, Цъиахты доны къæдзæх. Дуртæ: Гуси-дур, Кæкийы дур, Цавддуртæ, Уæйыджы дыкк, Хъулон дур, Стыр дур, Дæллаг хъил дур, Уæллаг хъил дур. Цомары цырт, Зыгъар дур, Джерджы дур, Дуцæн дур, Фыры дур, Цъыпа дур, Хъил дур, Мадымайрæмы дур. Лæгæттæ: Стыр лæгæт, Гыццыл лæгæт, Гуыбайы дарæн, Едзайы дарæн, Æхсынджыты лæгæт. (Урсхохы лæгæттæ ардæм нæ хæссын). Къадакуырой зилæн дæттæ: Змæстдон, Фæсгæроны дон, Æд- ,цаг донгом. Æфцджытæ ’мæ рæгътæ: Ходы æфцæг, Цъисоны ’фцæг, Би- рæгъты ’фцæг, Хъивоны ’фцæг, Ходоп ракæсæн, Газийы къахыр, Авдæпауы рагъ, Стыр рагъ, Хъæды рагъ, Сæгъдуцæны рагъ. Суадæттæ: Цыхцыр, Дæлцыхцыр, цад, Къохца, Стырдуры суадоп, Къæхтæхсæн, Хъуып.аджын, Цъиахты суадон, Кæрст- вæды суадон, Цъысымты дон, Хуымыхъусы суадон, Бадæнты суадоп, Дæлсусæнты суадон, Хилджыны суадон, Кæндысджы- ны суадон, Хъазæнлæгъзы суадон, Сычъиты суадон. Ходы хъæуæн фæсæфцæг Саугъæды уыди тыпг бирæ фосхи- ’зæн зæххытæ. Сæ уæлдай хизæнтæ-иу æххуырсты лæвæрд- той æидæр хъæутæн афæдзмæ кæпæ цалдæргай азтæм. Хизæг- гаг-иу цы фос райстой, уыдон-иу байуæрстой хæдзæрттыл, мæ- 88
гуыртыл, сидзæргæстыл. Кодтой-иу хъæугуывдтæ, æмæ Ход сойы æвдылдысты. Саугъæды зæххыты нæмттæ сты: Айдзæттæ, Æддаг Уастырджи, Æнкъул зæнг, Æнæсæрдон, Арсы рындз, Æхсæрбын, Æндыгау, Æхсидæн, Æхсыпцъыйаджы дон, Æхсæрлæгæты рындз, Елдзары фæндаг, Елиайы рагъ, Зы- мæгон фæндаг, Згъæр худы тъæпæн, Зиггæстæ, Зилгæ, Зылын- ты, Киуадзæн, Киуадзæиы тæгæр, Киуадзæны дон, Кæсæн бæр- зопд, Куыны ком, Кæларцы ком, Куыны комы дон, Къулдарæн, Къæбицты гоппытæ, Сыми-дуртæ, Сæппы сæр, Сусæгдон, Са- доигом, Сухон, Сырхы фахс, Сыиты бæрзонд, Саухалты скъæт- тæ, Стыр къæбицтæ, Созайты скъæттæ, Сагхъазæп, Сусæгдоны лæгæт, Сухоны ком, Суар, Тæрсæфцæг, Тæрсæфцæджы тæгæр, Тары ком, Уариты ком, Уæллаг тæссайраг, Уæрдæсайы кæуæн, Уæллаг сырхытæ, Уæллаг мусуат, Уагъыты скъæттæ, Уæллаг хуыры ком, Уæллаг хуыты рындз, Уæлугæрдæпау, Уæлгоммæ, Хидты хæдзаруат, Хосæппарæн, Хуырыком, Хурдоны рындз, Хо- рау, Хъолоджып тигъ, Хъæзныг мæр, Ходы бып, Хъæдгæртæ, Хъæууат, Хуыскъ æрх, Хъæрдыны лæгæт, Цопаны ком, Цадгом, Цæхдæттæн, Цæпæррыидз, Ихты ком, Чъизи дур. Ходмæ ацы аз слыгъди дыууæ хæдзары. Дзугкойтæй æмæ Едзитæй. Сæдæйы сæр сæ Хуыцау фæкæнæд! КУСÆН ДЗАУМАТÆ Адæг, аркъау, архъан, ардуан, æхсырф, æфсондз, багалæг, бадæн саргъ, гæрзбæндæн, гæнбæндæн, дзывыр, дзæккор, дзæ- буг, дзоныгъ, дзылар, идон, кард, куыф, къулæг, къуту, хæрæ- джы саргъ, хæдз, халамæрзæн, хырх, хъæдын сагой, хъæдын фыййаг, хъæдын дзæбуг, хъæсдарæг, хъадаман, мæцъис, мæцъ- бæндæн, мысалгъ, пæрв, тадзин, тæрхæпæг, тæскъ, туас, уæр- дон, уæрдоны саргъ, уæрдоны ехс, саргъы ехс, сарт, сахсæн, сагой, цæвæг, чхимап, фæрæт. ХÆДЗАРЫ ДЗАУМАТÆ Аг, аджы сæр, алгъац, æлæт, бандон, боцкъа, бæлæгъ, го- гон, дурын, дæлтъур, дзæкъул, кæхц, куыси, канчыри, къæсса, къус, куысыфтæг, лалым, насхафæп, тас, тъæпæнæг, тæбæгъ, тъахтин, Сафайы рæхыс, сынтæг, скъапп, са*манкъа, цуайнаг, цæджджинаг, цыгуын, цолпы, цырагъдарæн, хъалац, хъуывгъан, уырындыхъ, уидыг, фынг, фыдис, фæтдзæгъдæн, арыпг, арынг- 89
хафæн, æртыскæн, æлхуи, æрцыпдз, æигуырстуан, кæфой, къæр- та, хæсгард, хъуылæг, теман, тыиуафæн, тебæ, пирæн, сынтæг, сивыр, сасир, сæрвасæн, судзин, сыхырна. НÆЛГОЙМÆГТЫ ФÆЛЫСТ Æхсæвхуыссæн худ, æрчъитæ, æрчъиаг дзабыртæ, баеылыхъ, къуымбил цъындатæ, къæ(зитхуд, къæриткæрц, куырæт, хæд- бынтæ, къогъодзитæ, хъусджын дзабыртæ, нымæтхуд, зæнгбæт- тæнтæ, сипджын кæрц, сæгъдзарм худ, сæрак зйенгæйттæ, сæ- ра<к дзабыртæ, уæлдзарм худ, уæлдзæртты кæрц, уæйлаг нымæт, уæрагдарæнтæ, цухъа, цырыхъытæ, рон, фæсмын хæдон, фæс- мын хæлаф, фæсмын зæнгæйттæ. ХОТЫХТÆ Арц, архъан, æрдып, æхсаргард, бердапкæ, гамхуд, джебогъ, хъримаг, хъама, згъæрхуд, дамбаца, мыдзыра, уарт, Церечы хæдон, фæринк, фатдон, фæдисмæ сидæи сыкъа. СЫЛГОЙМÆГТЫ ФÆЛЫСТ Басмахъытæ, дæллаггуыр, кæлмæрзæи, камари, къапдзол, къаба, къуымбил хæдон, къуымбил цъындатæ, сæрбæттæн, сал- бар, сæрак дзабыртæ, раздарæн, хыз, хæдон, тинтычъи кæлмæр- зæн, уæллаггуыр, цыллæ кæлмæрзæн, шарф, риуыгънæджытæ, разгæмттæ, дари худ. ИРОН ХÆРИНÆГТÆ ÆМÆ НОЗТЫТÆ Нартхоры кæрдзын, дзул, æмыс, хомыс, лауыз, чъиритæ, уæливых, хæбизджын, задын, фиуджын, цæхæраджын, скъуда- джын, хъолоджын, картофджын, насджын, балджын, фæткъуы- джын, хъæдурджын, фыдджын, хæлтъамæ, къæлуа, нартхоры кас, пырындзы кас, еууы кас, бламыхъ, сир, халыввæ, мæнæуы фых, мыдамæст, задын, дзыкка, сæндæг, цæкуытæ, дзæрнатæ, црехæрайы фых, хъæдуры хъæрмхуыпп, ссады хъæрмхуыпп, къуыдырвых æмæ цымгæфых æйчытæ, хъайла, сурфых нас, къуыдырфых картофтæ, тебæйы фых картофтæ, цæхæры фых 90
картофтæ, маргъы фыд къуыдырфыхæй, маргъы фыдæй лывзæ, турæ, физонæг, къуыдырвых дзидза, зормæ, хатгæ, къуызымол, уæхстыл физонæг, æхсæмбæлттæ, бас, æхсыр, æхсыры хъаймагъ, туаг æхсыр, сылы, хуырх, инджып цыхт, цæгъдгæ мисыи, къæ- пыты мисын, царв, нæлхæ, æхсынæнты зети, тæнæг къуымæл, бæзджын къуымæл, бæгæиы, арахъ, ронг... ХОДЫ ЗÆХХЫЛ ЗАЙЫ АХÆМ БÆЛÆСТÆ Æхсæр, æхсыицъы, æхснарцъы, æхсæлы, æхсуæлы, æрыз- ных, сау бæрз, урс бæрз, бур бæрз, бурæхъæд, гæды, кæрæхсæ- лы, кæрз, хъæддаг бал, хъæддаг кæрдо, кæркмисыпдзæг, къæ- бырттæг, къабузæг, хæрис, мугæ, дурвæткъуы, иымæткъуы, наз, нæзы, уисхъæд, заз, залгъæд, саууис, сывылдз, сусхъæд, тæгæр, тулдз, тæрс, дзæлв, цым, цъуй, фæрв, фатхъæд, хъæддаг фæт- къуы. Адæм пайда кодтой хæрыпæн бæзгæ мæнæ ахæм кæрдæджы- тæй дæр: адджып уидаг, æхсæвæрæг, гæнгæлы, давон, давопы сыф, диси, дзындзалæг, кæркусæг, хъоппæг, хъæндæл, хуырхæг, хуыскъæл, хуычъы, хуырсæнк, хуымсæик, мæзæрæу, мæкæрæз, мæнтæджы сæр, мæнтæг, къацциу, мохъо, лæджирттæг, пысы- ра, сæгъысыкъа, сыкъамо, стъæлха, скъуда, уырыдзы, уизза, цъамалæг, чъири, зокъо,- пысыра, хъоло, хæфсыкъах, цъиудзæ- хæра, хуычъыйысæр, лебæда, футæг, пысырайы мад...
■«Ф~ОНК-' О-Ф- ХАДЖЕТЫ Таймураз Фæззæджы бонтæ * * * Æз бирæ æмдзæвгæтæ Фæфыстон Рæсугъд цардыл, амондыл — Фæлæ сæ мæ цæсты кæронæй дæр Никæд, нæ федтон... Цъæх арв æмæ рухс хур Уыдысты мæ уды фырдиссаг: Цы рæсугъд-рæсугъдтæ Нæ куыдтой мæ хъал бæхы фæстæ Мæ ацыдыл; Ызнаг та-иу кодта фæсмон, Ызнаг мæ кæй æнхъæлдта, ууыл. ’Фæлæ афтæ у цард: Мæ ингæны дуарыл ма,— Кæд мæ исчи æцæгæй дæр уарзта,— Уæд ныффыссæд: «Ам æрæнцад ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ, Тымыгъы уа, сау тары,— Нæ зыдта йæ удæн æнцой, Фæлæ Кæд растдзæни сыджыты арфæй, Уый зын зæгъæн у... Хæйрæг йæ зонæг. Рæстæгмæ уал — рухсаг!...»
АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ Ацы æмдзæвгæйæ арын мæ хæлар, ирон зындгонд фыссæг Гуыцмæзты Алешы рухс ном. Уый фæмард Ирыстоны гæпвæлтау г>ырдзиаг лæгмартимæ тохы. I Дæ ингæны къуыбар сыджыт, ыссадау, Мæ уырзты сасирæй нызгъæлы. Нæ кæуын æз. Нæ мæ уырны дæ ацыд, Нæ йæ хатын: Мæ мидвыны дæн, хъалы... Къуырма фыдох... Мæ рыст мæ хъуыры смал и, Ирон дзыллæ дæ цырты раз ныззоныг: — Ау, уый та куыдг æмæ Алеко нал и? — Дæ хæлæртты кæны сæ цæссыг дойны. Ныикъуысы зæхх. Æхст бацайдагъ и ногæй, Æдзæм-æмбу кæны нæ чысыл горæт, Нæй удæнцой. Æмæ кæны уæнгрогæй Мæлæты къух нæ хуыздæртæй йæ тона. 2 Æз дæумæ дзурын барджынæй: — Ау, мæлæтмæ æвдæлон Ды куыд разындтæ, м ’ахсджиаг, Æви хур дæр фæдæлдон! Ныр дæ ингæныл бонырдæм, Бонвæдис цъиу ныууасы, Ды мæ разæй фæдæ, æмæ.,. Дæн къæмдзæстыг дæ разы, Иры урс хæхтыл залиаг Комæй-коммæ фæлæсы, Мах кæд зыдтам, мæ зæрдиаг, Уый фыдмитыл æввæрсын! 93
3 Рацу, раст-ма дæ ингæнæй, О, мæ сагсур æфсымæр! — Ау, ныууадзай мæн иунæгæй,— Уый куыд хæссыс дæ сæрмæ?.. Ды æрвылбон дæр тохы дæ,— Уа нæ ныфс, йе нæ рысты: Тагъд ирон лæджы хотыхтæ Уый æргомæй зæгъдзысты. Фæлæ, чи зоныг мадзура Ирыл хур дæр ыскæса, Уæд цы зæрдæйæ бадзурон Æз дæ ингæны къæсмæ! * * * Мæ уаз фыдæл! Ис алцæмæн кæрон, Фæлæ та раст! — Дæ ныфсы рухс ныл бафтау, Цæмæй та Иры саглæгтæ кæной; Фæсхæст кæрæдзийæн Уæхсчы тъæппытæй арфæ!.. ЦАРДИВÆН Буйство глаз и половодье чувств... С. Есенин. I Мæ ивылд дон, куыд рæсугъд Уыдтæ ды: Къæдзæхтæ расхой Бæрзæндты-бæрзæндтæй Æмæ тæхыс дæ хъаруйы Фæдыл. Кæдæм, цæмæн?! — Дæ Хуыцау у дæ зæрдæ...
Ныр мæнæ гъе æрхæццæ и Сæ рад: Тæппуды ном æмæ къæрис-къæбæрæн, Зындоны-иу цы удæй хордтой ард, Уый нал хæссы Лыстæг хуыр дæр йæ сæрмæ. II О. стыр Хуыцау! — Ныууынæргъы ирон лæг,— Фыпбылызæй нæ бахиз, Фæлæ нæй Нæпæн æгад, æнамондæй, уый зоны Æмæ уæд — тох! — цæргæ уа, йе мæлгæ! Хæдудæй мæн Нæ хъæуы цард Æмæ Цы фестут уæд, Къуыдаргомы лæппутæ, — Ныххудæм-ма цæстныкъулгæйæ, мах Кæрæдзнмæ: Ыскалдта знаг йæ пуйтæ!.. * * * Æз бæргæ уыдтæн цардæнхъæл... Æз мæ удыл нæ ауæрстон, Цæмæй Иры бæрзонд къæсыл Дон нæ баззайа ауæзтæй. Ничиг никуы уыд ахæм лæг, Æз кæмæй зæгъон: хистæр у! — Чи — æдылы, чи — кадуарзаг,— Уæд кæй хъæуынц дæ риссæгтæ? Раст куы зæгъай — фыдахин дæ, Кæн къæбæрагур — амæлттæ, Уый æддейæ дæм, гъайда-гъа, Фæсфæд фссхъиуынц хъаматæ. Уæд цы фæдæ, нæ Уастырджи! — Гъе, ирон лæджы амондæн Нæй зæдбадæны артдзæсты, Нæй «мæн у» зæгъæг абон дæр... 95
ФÆСАУУОН (Кæддæры уарзонмæ) •;'Нæ хицæн уыд — рæстæгмæйы мæлæт... •Ныр мæнæ гъе æнæхицау уæлмæрдты Æз къахын ингæн... У дæуæн дæ мæт Æвæстиатæй ахизын мæ фæрсты. Фæлæуу, мæ хур! Хъысмæт фæлитой нæу, Мæгуыры бонау, ивддзæгтæ нæ кæны. Æз уарзтон дæу... Æрцыд мæ рад мæнæн: Кæй уарзтай, уый Дæхи къухæй ныгæныс. Фæсаууонæй дæумæ кæсы, зæдау, Мæ цардæмбал: Æз уарзтон дæу, уый зоны, Фæлæ Мæнмæ, Дæумæ, Нæ хæссы фау, Йæ уадултыл йæ цæстысыг ныззоныг... Дæ лæджы ингæн аив у, цыбыр, Фыдбоны дуг кæуыл нæ цæуы хинæй, Фæлæ кæуы Мæ цардæмбал, мæгуыр, Мæныл, Дæуыл, Æви кæмдæр йæхиуыл?! УАСТЫРДЖИМÆ Ирон зæд дæ, Уæлæрвты тæхыс ды, Уæлæрвты тæхын, чи зоны, дæ бар у, Фæлæ-ма ракæс иу афонг Тæрных, Дæ адæммæ — Сæ рыст удæй цы хъары!.. Цæрæнуат — нæй... Терк-Турчы сау фæндагыл 96
Фæцыдысты нæ фыдæлтæ, Фæлæ Кæм и нæ зæхх? Нæ цæуæнтæ — кæуæнтæ, Ызнаг дæ исы,— Нæй цæуæн хъæмæ! Фыдæлгъыст фод: Мæнгард-амындæй чи у Сæрхъызой Ирæн, Ахæмтæ, бæгуы, Нæ цæрдзысты...— Йæ райгуырдæй у — Ничи! — Йæ мардыл никæй бахъæудзæн кæуын!.. НОГ АЗЫ ÆХСÆВ «Ауадз мæ, мæ мадмæ мæ фæнды>\.. (Мæ бинойнаг Юляйы ныхæстæй) У Ног аз... Æз ахсæв дæн иунæг: Мæ къæбæр, мæ цæхх ис мæ разы, Æмæ «Ног боныл» — афтæ йæ’ хуыдтой Къуыдары, Æмбæлын дæуимæ, Гыцци; Ды — уазал сыджыты, Æз — хъарм уаты бадын... Цæссыг мæ нæ хауы, Ды ахæмтæ иикæд нæ уарзтай, Фæлæ та ныххауы Мæ урс сæр мæ уæрджытыл, оххай: Цы фæдæ, Гыцци? — Цæмæн мын нымбæхстай Мæ рухс дуне сыджыты тары Дæ ацыдæй?!. ...Мæ тæссаг фæндæгтыл Хæйрæг дæр нæ уæндыд цæуын, Æхсæв уа, йе бон уа.. Ныр мæнæ дæ хъæбул, кæс-ма, Куы нал у 7Мах дуг№ 11—12
Нæ — цæрдтæй, Нæ — мæрдтæй! Уæд цы фæдæ, æви,— Æцæгæй нæ рухс дунейæ, Къæвда уа, йе хуры, Хъæр мæрдтæм нæ хъуысы, Гыцци!..
Хъазиты Мелитон Дыууæ радзырды КУЫЙДЗЫХТЫ ХЪÆЛÆСЫ Бон æигæстæ байдыдта. Фæлæ тъæнджы мæй уыд — æвзæртæ йын хæринаг, уыцы дудгæ уазалы зайæгхалæй, удгоймагæй, уæлдæфæй иууылдæр их къæс-къæс кодтой. Сæхимидæг. Æд- дæмæ сæ иу сым нæ хъуыст. Æрмæст дард кæцæйдæр хъус цы- ма ахста æмæ пæ ахста стонг бирæгъты ниуын. Уыдæттыл Фарнæгты куыдз Згъар ахуыр уыд. Скъæты тыр- гъы, хæдзары кæрт æм цæсты зулæй дзæбæх куыд зына, афтæ дуары зыхъырмæ хæстæг хосы тæсчъы аууон хъуыпыстадæй ныттымбыл. Йæ буары иунæг гом хай — цуаноптæ æмæ бирæгъ- ты хæстытæй ностæ фындз, тавта йæ ихцупал къæдзилы бын. Хаттæй-хатт-иу фестъæлфыд. Куыд ничи йæ фæхатыдтаид, аф- тæ аивæй-иу йе ’рбадæнтæм нысмыста, гæнæг мæхæдæг ма уон, зæгъгæ. Куыйтæй сæ фыдæлты рагон маст нæ рох кæны. Сæ куыдзы хъысмæтыл не сты разы: кæдмæ цæуæм адæймаджы фæдтæм смудгæ, кæдмæ топæм нæ бонтæ уазал тыргъы, кæдмæ цæрæм æппарæггаг къæбæрæй? Æрымысыдысты сæ хъаст Хуыцаумæ фæхæссын. Фæндаг нæ зонынц, æмæ иугай райдыдтой сæ кæрæдзийы синтыл лæу- уын, уæлæмæ-уæлæмæ хизын. Хуыцауы къæсæрмæ хæццæ дæр фæцæй кодтой. Ныфс сæ бацыд, сæ хъаст бынатыл сæмбæлдзæ- нис. Уыцы рæстæджы сæ, табу уæ фарнæн... кæйдæр хъинц фæ- цыд. Иууылдæр фестъæлфыдысты æмæ айстой сæ кæрæдзи.,. 7* 99
Уæдæй фæстæмæ сæ алчи дæр зилы иннæйы фæдыл. Сму- дыиц сæ кæрæдзийы æрбадæптæм. Агурынц гæнæджы. Агуры йæ Згъар дæр, Фарнæджы стыр фыййау куыдз. Скъæты дуары зыхъырæй æддæмæ цы хъарм æмæ æхцон тæф фæцæуы, уымæ бонырдæм арæдзæ-мæдзæ кæны Згъар. Уæддæр æй, скъæты рæбинаг къуымы бæрзонд æвæрд хъæдыл. паддзахы бадтæй цы кæркæ-мæркæхъуыр уасæг бады, уый пæ бауадзы афынæй кæнып. Хуыцау æй сæрæй къæхтæм сызгъæ- рип доны тылдта, фæлæ, гормои, уасæг йеддæмæ исты дæ, уан- цои сæрыстыр нæу? Иууыл уæлейæ дæлæмæ кæсы. Арвы æр- бацъæх Згъар йæ хуыссæгхъæлдзæг’ цæстытæй нæма æрцахсы, афтæ йæ уып талынг скъæтæй куыд базоны (!), ныццин, пыд- диосаг кæны, йæ базырты æмдзæгъд æмæ зæлланггæиаг хъихъ- рийæ бæстæ йæ сæрыл сисы. Стуртæ зивæггæпгæ æрзилыпц се ’нпæ фæрстыл æмæ ныу- уьгпæргъынц. Лыстæгкъах фос фестъæлфынц, хуыссæгхъæлдзæг хъæлæсæй алчи ацагуры йæхионы. Хуы хуы у, бадгæ пæма ра- кæны, фæлæ ацагуры хæринаг. «Ы? Цы мын рахæссут, ы?» • Тъæпджы мæйы уазалы Фарпæг рахизы æддæмæ, ахæссы йæ цæстæигас дæрдты æмæ æввæхсты: цахæм боиыхъæд уы- дзæн, цы куыстæн бæздзæн? Ахæм рæстæджы фынæйгæнæнтæ ис? Æмæ Згъар батæлфы, йæхи кæрцы тухæгау. Нысмуды йе ’рбадæнтæм — гæиæг йæхæ- дæг ма уа? Фæлæ цыма ныр бон не ’пгæстæ кæиы. Мит дарæс, мит худы бын ныхъхъус чысыл хæххон хъæу. Фарпæгты хъæу. Йæхи ми- дæг ризы, афтæмæй йæ тъæнджы мæйы ирдгæмæ фæнды хъæ- ды, миты бын æпæ сым, æнæсыппæй пымбæхсын. Фæлæ, æх- сæвы дзодайыл цы мит рагæбыпа кодта, уый æмыр къæс-къæс æмæ дард кæцæйдæр стоиг бирæгъты ниуынау, хъæуы тасы рызт дæр нæ ахста хъус. Иууылдæр цыма хъус сайæнтæ уыды- сты. Бæрæг уыд иу хъуыддаг: алчи дæр æмæ алцы дæр змæлыд йæхнмидæг, иунæгæй. Фæлæ сæ алчи дæр тарст райдайынæй. Стæй уыцы æдзæмы хъæугæропæй æнæнхъæлæджы ныр- рæйдта æви пыппиудта иу цуанон, дыккаг, æртыккаг... Топпы- тæ æртхъирæпы оф-оф ныккодтой, хæдæхстæ — удмарæн къæр- къæр. Уасджытæ тарст хъуыдатт райдыдтой, фос — зæрдæха- лæн æмбу, хуытæ — къох-къох... Хъæу цæстыфæпыкъуылдмæ фестад мыдыбындзыты тарст æвзæп. Адæм æрдæгкæндтытæ, хуыссæгхъæлдзæгæй кæдæм лыгъдысты, чи сæ цы скъæфта, уый иупæг Хуыцауæй дарддæр ничи зыдта. 100
Фæрпæджы сæры фыццаг хъуыды цы пыццавта: хъæу ц&- мæй тарст, уый йæ баййæфта — кæй ном нæ дзырдæуы, уыцы . куыйдзыхтæ сæм æрбахæццæ сты. Сабийæ хъуыста: уыдис адæймаджы æнгæс цæрæгойтæ — цæсгомы хуызæн сын, гуыр, къæхтæ, къухтæ, къæбуты ’рдыгæй та сын—куыйты дзыхтæ. Фыдызгъæл адæймаджы дзыхæй стындтытæ кæпынц, стджытæ баппарынц куыдзы дзыхмæ, æмæ æнæфсис гуыбыпы — хъуыр-хъуыр. Куыдзы дзыхæй нæдæр адæймаджы фыд хæрыныл ауæрстой. Фарнæгæн цынæ хатгæ уыд, куыддæр фехъуыста, пæ кад- мондаг сыхæгтæ стыр паддзахад ныззилынмæ хъавыиц, нырмæ сып кæй пæ уыдис, уый тыххæй Хуыцаумæ сæ хъаст хæссæг куыйтау, аххосджынты сæхимæ нæ агурынц, фæлæ алырдæм цæвæптæ кæныпц, Хуссар Ирыстоныл даумæ æрцыдысты, уый иæ фыдæлты зæхх у, ссæрибар æй кæнут, зæгъгæ, афтæ йын цы æпæхатгæ уыд — бæндæн лæмæгъдæр кæм у, аскъуыйдзæнис уыцы ран. Йæ хъуыды нæ бамбæхста йе ’мкъайæ: сахар сахар у, Чъре- байы фæзыидзæнис, сæ ных сын чи бакъуыра, ахæмтæ; куыд- дæр асæтта сæ сыкъа, афтæ се згæ ссыртæ фæцæвдзысты æдых хъæуты. Сылгоймагмæ нæ бахъардта йæ фæдис. — «Кæд мæлæм, уæд — иумæ!» — хынджылæг æнхъæл ын уыд. йæ сæр иæ ахста, цæрæпбонты хæлар ахаст кæмæ дарынц, сæ цæхх, сæ кæрдзын сæ армы кæмæн дарынц, уый сæм куыд хъуамæ сласа марæн кард? Æцæг, дам, сæ фыдæлтæ иæ зыдтой сыхагпмæ цæрын. Æп- пынæдзух хылкьахæн, дау æмæ уæлбикьоп митæм уыдысты. Нал сæ фæрæзтой сæ рагон сыхæгтæ, рацъон бирæгъы сырд сæ уымæн фæкодтой. Алаптæ — сæрыстыр, парахатзæрдæ адæм, хуры аныгуыл- дæй сæ, уæпы мигъ нæ бадтис. Æррæвдыдтой сыхæгтæй сырд хауæггæгты. Радтой сын сæ дæлвæз быдырты иу хай. Хæрзгæнæг фыд куыд хъуамæ ссара — быидзагъдæй сæ чи бахызта, уыцы аланты цотæй ма цы хæсты уæлдæйттæ аззад, уыдонмæ сæ къух куыд хъуамæ фæтаса? — йæ дис не ’мбæхста сылгоймаг. — Хорз, фæлæ акæс...— лæг ын нымадта, хохмæ фæдисæй цы хабæрттæ хъуыстысты, уыдон — уым бастыгътой, уым фæ- хастой, уым удхарæй амардтой. Сылгоймаг гуырдзæй рахæссы йæ тас — Фарнæджы æм- къай цæхгæр нæйыл куыд ныллæууыдаид. Се ’нахъом сабинмæ рæстæгыл ацыд Чъребамæ. Лæппуйы уым радта ахуырмæ. х 101
Чызг сыи быдыры хъæуы йæ хомæ уыдис. Фæуд кодта йс- тæуикаг скъола. Хъæуы уæдмæ ир æмæ, кæй ном нæ дзырдæуы, уыдон цыМа хæларæй цардысты. Уыйбæрц æм ие ’хсайдта йæ зæрдæ — бирæгъ йæ хуыкком- мæ хæстæг не ’ргæвды, зæгъгæ. Уалынмæ, ныфс цы уырысы æфсадæй æвæрдтам, уыдои, Ирыстоц-иу Уæрæсейы сæрыл тохты цы сау туг фæкалдта, уый ферох кодтой, æмæхсæвæджы ахъуызыдысты. Сæ хотыхтæ нæ сыхæгтæн цæлы фынгтыл ныууагътой, сæхæдæг зæххы скъуы- ды аирвæзтысты,— æрбайхъуыст хохмæ. Чъребамæ фæндæгтæ хотыхджын пикеттæ æрæхгæдтой. Нырмæ-иу, мæ цот бæрзоид, рæсугъд æмæ сæрæп рацæуой — ирон æмкъай æрхæссыныл г..: уд чи хъардта, уыдон сæ ирон æхсинтæ, сæ ирон мæрдты гг- мын æмæ сурын райдыдтой — пæ раздзог, дам, нын, загыа, мæ зæрдыйæ, нæхи тугæй хуыздæр нæй, зтгъгæ. Фарнæджы уды бæстон æрбыиат кодта сагъæс: «Хорз, м*2 чызг ацы аз фæуыдзæн каст скъола, уæлдæр ахуырмæ йæ хъæ- уы бацæуын, йæ чингуыт&й куы фæиппæрд уа, уæд институтыл ауигъ дæ къух, фæлæ,— куыдз знаджы мæрдтæ бахæрæнт,— уыцы куыдзы ахуыр æй йæ удæн пæ хъæуы?» Ноджы йæ хъустыл куы ’рцыд, куыйдзыхтæ чызджытæ æмæ. еылгоймæгтæн тыхми кæнынц, уæд йæхи аппæрста йæ хомæ. Нæ сæм æрбадт. Фынджы кой не суагъта. Йæ чызг Фæрдыджу хъæугæрæтты хъуызгæ æрбалууын колта сæхимæ хохы. Уд дæр афтид дуры цъуппыл бæгънæг, бæгъæввадæй тæ- ригъæд у, фæлæ сæйраг уæддæр уый у. Арвы нæрдмæ гæсгæ куы уаид арвы цæф, уæд зæххыл змæлæг пæ, зайæгхал дæр мауал агур. Уыдон дæр фæгæрæхтæ кæндзысты, фæлæ рæстдзинадæн бамбæхсæн нæй — бамбардзысты, æцæгæй чи кæй зæххыл цæ- ры, сыхагмæ æппынæдзух цæвæн лæдзæг кæй нæ ис дарæн, æмæ сын иу бон, Хуыцауы фæрцы, æнæрсабыр нæй. Уæд Фæр- дыгæн ногæй уыдзæнис ахуыры рæстæг. Зæрдæзæгъгæ амонд сеардзæнис Р1æ бæркадæй адæмæн диссагæн дзурипаг чи фæуа, ахæм чыпдзæхсæв ын скæндзæнис Фарнæг. Цæмæй, йе ’мкъаи- мæ сабнгæ хъомыл кæнынæй ма фæлмæцой, сæ кæрæдзийы амондæй райынæн сыл фылдæр рæстæг уа, уый тыххæй сын сæ Фарнæг æмæ йе ’феин сахары нæ ныууадздзысты. Уадз, хæх- хон сыгъдæг уæлдæфмæ фырыхъулы хуызæнæй рæзой. Сæгъы æхсыр, царв æмæ мыдæй саджы фисынтыл амады æпгæс уыдзы- сты. Ахуыр сæ кæндзысты бæхыл бадын, хъуг дуцын, хæдзар æфснайын, хос кæрдын, галтæ æфсондзы ифтыидзын... 1 Æнцой бонты-иу йæхицæн ныфсытæвæргæ ироп лæджы хъуыдытæ кодта Фарнæг. 102 1
Уыцы фæпдæй дзырдта пæ хо æмæ йе сиахсæп дæр, цæ^æй уал йемæ хохмæ ацыдаиккой. Йæ коммæ нæ бакастысты. Фыдæй-фыртмæ, дам, цы бынта* фæкодтам, уыдон, куыд уыигæджы фестæм, куыд ныууадзæм кæйдæр дзæгъæлзад куыйтæ æмæ хæрджытæн? Фарпæгмæ æрбайхъуыст, аенæхъæн калак — хъæуы ирон цæр- джытæн сæ сыхæгтæ сæ æрцæуæггаг туг-стæгимæ — ома, æх- хуысмæ уæм фæзыпдыстæм, ма уæ фæц&гъдой ирæттæ,— иых- хафтой сын сæ фæллой, райхæлдтой сыи сæ галуан — хæдзæрт- тæ скодтой сæ гутæттæй зæххы æмвæз, фæцагътой сæ лæгæвзæр* стæй. Ирæтты. Йе ’рвылбоны хæррæгъты сæ се стыр мастимæ чи кæдæм фæлыгъд, хæйрæг йæ зопæг. Фарпæг-иу æрдæгæхсæв цуаноны рæйыпмæ мидæггæгты ра- уад æддæмæ — уæд та сæ исчи йæ тыхст уд уырдæм æрбаппæр- ста, æвдæрзта йæ сæ маст. Æрдæгæдзæрæг. хохаг хъæумæ цæп хабархæссæг вæййы, уæддæр иæ хæхбæсты кой уадыл бады — хъуыста, сæхицæн æф- сымæртæ кæмæй кодтой, уыцы сыхæгты æнæрцæугæ фыдмитæ: саби æмæ зæронд, сылгоймаг æмæ пæлгоймаг не ’взарыпц — маргæ, уæд алкæй дæр æмæ алцы дæр; зыбыты бæгъпæгæй сын найын кæныпц сæхи их доны; нæмынц, æргæвдыпц сæ, хæрыи сын кæныпц сæ сæры хъуынтæ, сæ рихитæ; къухдарæн фелва- сыны тыххæй устытæн къуырынц се ’пгуылдзтæ; аркъауæй æф- тауынц удæгас адæймаджы ныхтæ æмæ сызгъæрин дæндæгтæ, хъæдау сæ фадынц хырхæй, адæймаджы йæ къахæй ауындзыпц гарна пецы сæрмæ, сфыцынц æй цæрдудæй; мады гуыбынмæ гуырдзы исынц милмæ... Фарнæг-иу пыххæцыд йæ цæстытыл: куыд ис гæпæп, æмæ иу адæмы уый бæрц марг уа? Стæй-иу йæ зæрдыл æрлæууыды- сты куыйдзыхтæ... Уæддæр сæ хъæумæ уæлмит, уæлих кæй ничи æрбацæудзæ- нис, ууыл фидарæн æууæпдыд. Йæ чызг æмæ йæ зæронд мади- мæ æдас æпхъæлдта йæхи. Зылд йæ фосмæ. Кодта йæ царды кой. Фæлæ-иу сæм хатт кæдæй-кæдæм, Чъребайы ’рдыгæй ахæм æгомыг пæрып хъуыст, арв-иу афтæ ферттив-ферттив кодта, æмæ тугдæппал игæр фыхт масты зынджытыл: кæдæм арвы- ста йе ’мкъай æмæ йæ хъæбулы? Чи зоны, ам... Бадтис-иу пецы фарсмæ, къæсæргæронмæ-иу йæ цæстæнгас нындæгъд фæрæты фæтæн комыл, дывæр дзы кодта йæ ныфс — иуæп дзы йæ куы- дзы æфсæр йæ уæхсчытæм уæддæр^ афаддзæнис. Æнæуи дзы мæрдтæм цы хъуамæ бахæццæ уа? Йæ фыдæлтæн уымы бæсты цы хъуамæ зæгъа — мæ туг ме ’нахъом фыртæн исинагæй ныу- уагътон, ныр мæ фæстæ уый хъæудзæпис йæ туг калын, зæгъгæ? 103
Йæ зæрдæфысты-иу æргом кæпьш райдыдтой, семæ тасгæ фынгтыл куыд бадт, рæгъытæ-иу куыд уагътой. Йæ зæрдæ-иу сцæйхæццæ кодта. Адджын къæбæр куы хордта, уæд æй хæр- заг цæстæнгасæй барстой уæнггай —иæцы хай дзы сбæздзæиис къуыдырфыхæн, физонæг хуыздæр цы фыдтæй сыздухдзысты, хаши кæцы... Уымæ сæм фæзындысты? — У, куыйдзыхтæ!.. Чызг фырадæргæй йæ къаба нал иртæста йæ хæдоиæй. Зæ- ропд Æна рабадт йæ сыптæгыл. Йæ хус æнгуылдзты быныл- копд иыхтæ йæ урс дадалитыл сæ райдайæнæй хафта сæ кæ- рæтты опг: — Мæнæ куыд сæфæм, Хуыцау сæ макуы фесафа. Мæнæ куыд сæфæм, Хуыцау сæ... «Фесафа сæ Хуыцау, фесафа!»— Фарнæджы фæндыд ныхъ- хъæр кæныи, фæлæ ныххус йæ ком. Иæ хъуыдыты-иу сцæйтæлфыд... Стæй-иу тæлфыд, кæй хъуа- мæ загътаид, йæ зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæм цыдæр, фæлæ йæ æххæст пæ ахста, æмæ йын уый къуымых зæгæлтæй рæхуыста йæ сæры магъз. Ноджы гæрæхтæ, цуанопты рæйын æмæ хъиу-хъиу, фосы æмбу, лæгты — тай-тай, сылгоймæгты цъæхахст æмæ цъах-цъах кодтой тынгæй-тынгдæр. — Уæ дарæс... раскъæфут... Скъæты аууæтты...— Хъæдмæ сæ баирвæзын хъæуы, ахста лæджы сæр. — Уæхæдæг лидзгæут...— зæронд ус дзургæ кодта æви хъа- рæг, уый сæ пичи хатыд. Тагъддæр... — Уæхæдæг... Чызджы... «Чызджытæ, сылгоймæгтæн тыхми кæныпц» — айгæрста лæ- джы сæры магъз. Стæй тыхми дæр тыхмийы хуызæн уыдзæиис. Цуанон уарзо- нæн кæй равзары, æндæр æм иннæтæ пе ’вналынц. Уыдон... Цалынмæ сылгоймаг йæ уд сиса, уæдмæ йæм дзуггай цæуцзы- сты... Æрцыд йæ хъустыл. — Гыцци... Фарнæг хорз зыдта, йæ мад дыууæ лæдзæджы æнцæйтты тыххæйты расты, кæй онг æй уыд йæ зæрды фæхæссын? — Æз зæронд дæн... Цы мын кæндзысты? Чызг...— фæндви- дар уыд зæронд ус. Æмæ лæг фæхæцыд Фæрдыджы къухыл. Балыгъдысты скъæ- ты рæзты. Скъæты фосæп хъуыст сæ тарст змæлд, се ’мбу. Уа- сæгæн фырхъуыдаттæй сцæйхаудта йæ уд. 104
Фарнæг пе суагъта йæ чызджы къух, фæстæмæ сæм фездæхт. Фегом кодта скъæты дуар — Хуыцауы фос фæуæнт, чи зоны, исчи сæ йæ къæхты фæрцы удæгасæй аирвæза. Сæхæдæг Фæр- дыгимæ сисгæрæтты сæхи аппæрстой хъæдмæ. Згъары рæйын хъуыст хъæуырдыгæй. Знæт, тыхулæфтгæнгæ нæдæр бирæ ауадысты, нæдæр цъус. Ноджы тарст адæймагæн йæ сæрй хилтæ дæр цыма хъусгæ фæкæнынц — бирæгъты ниуын æмæ с^м топпы гæрæхтæ уыцы иухуызон кодтой æввахсæй-æввахсдæр. Адæймаджы хъуып арц лæууыд. Бирæгътæ фæлæууыдысты сæ пиуыиæй. Фенцадыеты топпы гæрæхтæ дæр. — Цы сæ хъæуы махæй? — рызт чызг. «Куыйтæ ма сæ гæнæджы сæхимæ агурынц»,— фæндыд Фар- нæджы зæгъьгн, фæлæ йæ боп пæ уыдис йе ’фсæртæ базмæлын кæнын. Хъысмæты гаккæй лидзæп нæй, æндæра кæцæй февзæрд йæ хъуыдыйы фæетæмæ фездæхын? — Гыццийы... исты хуызы хъæдмæ куы раирвæзып кæпин... Фæрдыг афтæ æнхъæлдта — йæхæдæг куыйдзыхты хъæлæ- сæй раирвæзт, йæ фæлмæитæ Æпа ма ис тæссаг ран, фыды баразæнгард кодта: — Тагъд-иу фездæхут. Адæймаджы уд развæлгъау æнæмæнг цыдæр фæзоны. Фар- иæджы йæ’зæрдæйы арфы фæндыдис, Фæрдыг ын йæ разы каутæ куы абиид, уæддæр æй йæ къæхтæ фæстæмæ кодтой тых- ласæгау. Цыд æмбæхсгæ. Бæласæй-бæласмæ. Мæсты кодта сæ мили- ционермæ. Йæ дыууæхетоп æхсæпгарз йæхимæ куы уаид! Ми- лиционер æй ахаста. — Хорз, фæлæ уыдонмæ,— ома нæ бопкалд сыхæгтæм,— иæй милиционертæ? — дзырдта йын лæг.— Уыдоиы æхсæнгæрз- тæ маргæ нæ кæнынц, хъуымызбылтæ сæ нæ уынгты куы хъа- зынц? — Мæ хъуыддаг нæу! Мæнæн ис бардзырд. Бардзырд ын уыдис. Æмæ нæм дурæхсæн дæр нал ныууагътой нæ цинтыл мард пъагонджынтæ. Фæцыд хæдæхсы къæр-къæр. Хæдæхс æй нæ хъæуы, ныр- тæккæ йæ дыууæхстои йæхимæ куы уаид. Иуы ныхмæ æнæхъæн балæй куыйдзыхтæ фестынц, фæлæ сын Фариæг лæппуйы митæ акæнид. Иу бæлаеы быпдзæфхадæй иннæмæ гæпгæнгæ... «Æй-джиди!.. Уас, иропæй йæ хъæбулæн хи фыдбылызæй хизыпæн хæцæнгарз чи нæма ссардта, фыццаг хатт ыл афтæ- 105
мæй ном чи сæвæрдта, уымæи цы загъдæуа!.. Мæ фæрæт уæд- дæр куы раскъæфтаин». Иу фыд нын зонд нæу, æндæра дын æдыхæй кæй фыдтæ хæрой, уымæн цы кæныс йæ номæй? Йæ фыдтæ дын зыпаргъ- дæр не сты? Æви ном баззад æрмæстдæр нæ туджы? Фарнæджы зæрдæ айгæрста зонгæ цъæхахст. «Чызджытæ, сылгоймæгтæн тыхми кæнынц!» — ацарыдта йæ хъуыды. Фæрдыг ауад йæ цæстытыл. Йæ м&ллæг къухтæ-—йæ дæл- лагхъуыр. Тæлм уисау, ризы хъæпæны сагъдæй. Тагъд-тагъд йæ уæлæ кæны, йæ дарæсæй йæ къух цæуыл фæхæст, уыдои. Хъæуы йæ æиæрулæфгæйæ лидзьш, хуыздæр бонтæм йæ сæр бафснайын. Уæддæр фыды йæ фыдбылызы къæхтæ аскъæфтой хъæумæ. «Цуапонтæ цæмæн ныхъхъус сты» — фæрсы йæхи. Уыдонмæ пæма æрбахæццæ уыдаиккой, æпдæра афоимæ Згъары гъæтт-гъæйттæй хæдзæртты миттæ лæбыриккой. Хæдзарæй хъуыст хæццæ хъæлæба. Ставд бæласы аууонæй сæ хæдзары фарсмæ йæ цæст суыдта дæргъæй-дæргъмæ цæуылдæр. «Куыйдзыхтæ!» — цас базонинаг уыд Згъары мард. Йе уæнг- ты ризгæ ацыд уазал уылæп. Фæлæ йæ нæ фæхатыд. Хæдзарæй уынгмæ митыл уыцы уæззауæй ратылд сырх... урс... Йæ фæдыл сыфтæрты ’нгæс хъуымацæй хуыд дарæсы æд хæцæнгæрзтæ, худгæ рагæппытæ кодтой цалдæрæй. Пуртийау æй къуырынц сæ цырыхъыты фындзтæй, фæлæ фæкæны къуырма, фæлмæн тъупп. Йæ уæлфадæй йæ чи куыд дæрддзæф фехсы, афтæ бай- райы. Ныххуды. Уый та... Цыдæр... уыцы зивæггæнгæ фæцæй- хауы. Фарнæг æгæр дæр базыдта, пурти пæу. Йæ фæстæ митыл фæ- уадзы сырх фæд... Лæгæн йæ хъару æнæхъæнæй ацыд цæстытæм. Кæсы, кæсы... — Ме-е-е ’хсæнга-а-арз!..— уыцы гæпп ракодта бæласы ау- уонæй, йæ тымбыл къухтæ пыттыгъдта арвы цъæхмæ, ныпниуд- та хохы фахс ракалæгау. — Модиан!!!1 — æмдзыхæй пыцъцъæхахст кодтой куыйдзых- тæ. Ахуыдтой митыл. Сæ фазтыл кæугæ смидæг сты хæдзары. — Гыц-ци... Фарнæг йæхи аппæрста йæ зæронд мады тугæйдзаг сæры къуыдырмæ. Фелвæста йæ ризгæ æрмттæй. Хъавыд ып арæхст- гай йæ миттæ æрсæрфынмæ, фæлæ хæдзары ныннæрыд цалдæр хæдæхсы æнæаскъуыйгæ къæр-къæр... Æрбацæуынц (гуырдз.) 106
Лæг йæ мады сæр пыттыхта йæ хъæбысы. йæхи аппæрста хъæдмæ. Лыгъд йæ тых-йæ бонæй. Тъæнджымæйы судзгæ уа- зал ын сыгъта йæ цæсгом. Сæр, йæ къæсхуыр мады тугæйдзаг сæр, афтæ уæззау, аф- тæ зыихæссæн уыдис, æмæ йæ нæ фæрæзта. Куыйдзыхтæ сæ тас фæсурыпæн хæдзары дзæгъæл æхстыл фесты. Сæхи рæстæгыл не ’рæмбæрстой. Фарнæг дзæвгар сир- вæзт хъæды. Стæй йæ хъус ахсыи райдыдта нæмгуыты æхсит- тытæ... гæрæхтæ... Сонт хъæртæ... Бæлвырд фехъуыста: — Живиом держи, живиом! Æхст фæхгус. Фарнæг уæддæр æрæджиау æрцахета, афтæ се ’цæгæлон æххуырст лæгмартæм кæй хъæр кодтой. — К гл ныфсæй та цæут родтæм?! — фæцыд йæ дæндæгты хъыррызт. Иæ зарды уыд, йæ чызг Фæрдьггмæ нæ, фæлæ æндæрырдæм ныццæвыи, иуварс сæ асаин. Фæкаст фæстæмæ. Хъæугæрон æй рацæнсырдтой цалдæрæй. — Тагъддæр, тагъддæр! — йæ къухтæ йæм тылдта Фæрдыг. —. Лидзгæ, лидзгæ... Фарпæгæн йæ хъæлæе нæ хъуыст йæхимæ. Нал сæ æхсынц, зæгъгæ, уæд сæ удæгасæй ахсыи кæпдзысты се ’ххуырет лæг- мартæн. «Чызджытæ, сылгоймæгтæн тыхми кæньгнц!» «Ме ’хсæнгарз!..» — У-у-у...— бирæгъты бал ниудта æввахсæй. — Лидз... гæ... Фæрдыг æй бамбæрста. — Афтæ... — Живиом держи, живиом! — У-у-у...— ниудтой стопг бирæгътæ. — Размæ...— хъæрзыдта Фарнæг. Хæрды тæккæ сæр, рагъыл, Фарнæджы хъуыдыйы погæй стæлфыд, хæдзары кæй хъуамæ æрцахстаид, йæ зæрдæ кæуыл фæлæууыдаид, фæлæ йæ зæрдæфысты æххæстæй чи не ’ргом кодта æмæ йын къуымых зæгæлтæй йæ сæры магъз чи рæхуы- ста, уыцы цыдæр... Лæджы зæрдæ суазал. Йæ цæпгтыл кæмдæрты ирдгæмæ змæлыдысты хъуымацы хуызивд уадздзæгтæ. Кувæндон! Фарнæг æрцæйхаудта йæ уæрджытыл. Фæндыдис æй, ныл- лæгъстæ йыи кæиа. Иæхи нæ, йæ чызджы йын уæддæр атонæд куыйдзыхты хъæлæсæй. Фæлæ ма йæм раздахдзамшс йе ’ргом! Цæрæпбопты искæй цæстмæ, искæй фæзмгæйæ йæ ном зæрдæбынæй кæмæн никуы 107
ссардта, йе ’ртæ кæрдзынæй йæ зæрдæ кæмæн никуы раргом кодта, уый ма йын бамбардзæпис йæ уды рис? — Живиом держи, живиом! У, лæджыфыдхортæ! Базыдтой, æпæхæцæнгарз у, æмæ сыл базыртæ базад. — У-у-у!..— стоиг бирæгътæ ниудтой тынгæй-тынгдæр. Хъæд кæм фæуырдыг, уым дымгæ мит фæхаста. Æвиппай- ды фæзмæ иыггæпп кодтой. Куыйдзыхтæ сæм рагъæй иæма ра- зындысты. Æй, пыр сыфтæр æфтыд куы уаид! Æмбæхсиккой йæ къу- тæртæ, хус сыфтæртыл йæ фæд нæ зынид. Фарнæг кæрдæджы хал иæ базмæлын кæнид, афтæ фæдсафынæн сæ иувæрсты ныу- уаиккой фæстæмæ, стæй Цæгатырдæм фæзил... — У-у-у!..— ниудта стонг бирæгъты бал. — Размæ...— скъуыдта фыд йæ уд. Фæзы хъæд фæтæнæг. Мит фæарфдæр. Дзода нæ уыд. Фæр- дыг дзы ныхст. Фыд æй райдыдта æййафын. Чызг дзыхълæуд фæкодта. Фæндыд æй цыдæр сдзурып. Йæ дзых баззад хæлиуæй. Ныххаудта йе ’взаг., Иæ тарст цæстæн- гас хаста йæ алыварс. Дзæбæх æрбабон. Фарнæг бæлвырдæй уыдта, стонг бирæгъ- ты бал сæм куыд æввахс кæны цæгæвæрдæй. Сæ комыкъулты дон тæдзы се ’взæгтæй. Фыд фæкаст фæстæмæ. Ныртæккæ разындзысты куыйдзых- тæ. «Чызджытæ, сылгоймæгтæн тыхми кæнынц!» Бакодта тыххудт, сонт худт. — Бирæгътæй... цæмæй тæрсыс... бирæгътæй...— фæцæуы Фæрдыгмæ.— Бирæгътæй... Иæ тугæйдзаг æрмттæй хъавыд чызджы фæлурс уадултæ арæвдауыпмæ, мæрдты саудзыдзыдайæ цæуын уæлион дзæнæ- тæй æвзæрдæр кæй нæу, æцæг зындои зæххон цард кæй у, куыйдзыхты цур стопг бирæгъты бал урс уæрыччытæ кæй сты, уыдæтты йын йæ рæвдыдæй йæхирдыгонау зæгъын уыд йæ зæрды. Йæ чызг ыл куы баууæпдыдаид, уæд, удæй æнкъардта, йе рагъæй ахауид, уромæн кæмæн нæй, йæ риуы æмбæрц кæмæй сулæфид, ахæм уызындымбыл æргъом. Фæлæ æргъомы бæсты йæ къухтæй феуæгъд йæ фæлмæнтæ- арм, йæ зæлдагæвзаг мады тугæйдзаг, митæвдылд сæр. Мард сылгоймаджы сагъæс нырма дæр йæ хъæбултыл уыд — æгæр мыл ма фæриссой, зæгъгæ, миты сæ амбæхста йæ цæс- ^ом. Иæ уæлæ æркалдта йæ иронвæндæгты баихсийæг тугæй- дзаг дадалитæ. 108
Уæддæр ыл андæгъд Фæрдыджы цæст. — Æ-æ-æ!..— чызг æвзоиг бæрз талайау æрфæлдæхт ми- тыл. Фыд ногæй фæкаст рагъырдæм. «Чызджытæ, сылгоймæгтæн тыхми кæнынц!». — Рацæут, фæстиат мауал кæиут... Рацæут, рацæут...— стоиг бирæгътæ сæм кæрæдзийы хынцмæ æввахсæй-æввахсдæр куыд цыдысты, сæ салд æвзæгтæй сæм сæ дæпдæгтæ куыд цыргъ кодтой, уымæ каст æмæ сæ рæвдз кодта армæй. Йæхæдæг йæ зопгуытыл æрхауд йæ цард, йæ боп, уыйбæрц рæсугъд фæндтæ кæй тыххæй кодта, хуры тынтæй йæ фидæн кæмæп уыдис би- инаг, уыцы амондсыгъд, куыйдзыхты хъæлæсæй ралидзæг, би- рæгъты холыйаг сур чызг Фæрдыджы раз. — Хуыцау...— йæ цæстæнгас æфсæрмытæгæнгæ сзылдта мпгъхъулæттæ цъæх арвмæ.— Куыйдзыхтæй мын æй-бахиз...— йæ сонт чызджы.йæ риуымбæрц нымбæрзта йæхицæй. 1992 аз, Майрæмыкуадзæны мæй, Чъребайы сахар. ТÆФ Æмæ, ау, хæдзардарæг лæг иу бон, дыууæ боны искуы иу хатт куыпнæ хъуамæ афæстиат уа? Уый — хæдзардарæг лæг! Ирбон та... Цас абырæг уыд, фæлæ дæ пом хæссынæн хъуа- мæ уай. Уæлдайдæр, адæм дыл цы ном сæвæрдтой, уый хæс- сыиæи. Лæппу йæ абырæг ном йæхæдæг бакуыста. Кафгæ бæхыл рацæйцыд быдыры хъæуæй. Лæг уазæгуаты куы уа, фысымтæ дæ цæрайæ сæхицæн адджыи куы пицыуал кæной, хæдзары дзагæп дын уырдыг куы лæууой, уæд диссаг пæу аиазы’п. Нозтдзæф зæрдæ та кафгæ бæхыл пæррæстытæ фæкæны. Фæлæ Ирбон уый тыххæй, мыййаг, нæ ацыд йæ зæр- дæйьГ фæпдоныл. Куы ауыдта æлдары йе ’ххуырсты пæмгæ, уæд йæ цæстытæй йæ туг акалд. Кæлгæ дæр куыннæ акодтаид: хуымонтæ уалдзыгон хурмæ сулæфæг зæххыл баззадысты хæбæццæй; сæ цыбыр къæхтæ 109
цыма сæ бынты тымбыл тыхт не сты, фæлæ се ’рбадæнтæМ фæлмæп мæры аирвæзтысты; сæ хъуынджын сæртæ сæ уæл- вонг тымбыл худты опг апыгъуылдысты сæ мæллæг уæхсчыты; се ’иæдаст цæсгæмттзей æлдармæ иыззынг сты сау сæнæфсиры дыгай нæмгуытæ, афтæмæй, фыртæссæй ризгæ, æрдзæм-æрдзæм кодтой нартхоры кæрдзыны къæбæртæ хъæдурдзæхдонимæ. Сæхæдæг нæ хатыдысты, хъæдурдзæхдонæй ахуырст къæбæр-иу сæ рахиз армы æртæ æнгуылдзæй сæ дзыхты арф куы батъыс- той, уæддæр ма-иу сæ цæхдопæйдзаг æнгуылдзтæ сæ цъупго- мау рæсыд былтæй дзæвгар куыд фестæрдтой, æмæ сын уый тыххæй бæрæг урсдæрæй кæй зыпдысты. Чысыл дарддæр се ’мбал та ауæдзыл ныххаудта дæлгоммæ. Æлдар-иу ыл рæхсæптæй быд ехс куы ’рсæрфта, уæд-иу фес- хъиудта хæрдмæ æмæ-иу ныхъхъыс-хъыс кодта, къæбысау. Фæ- лæ Ирбопæп йæ туг йæ цæстытæй афтæ акалд, æмæ рæстмæ нал ацахста, цы зæгъыи ма-иу фæндыд мæгуыр хуымгæнæджы йæ рыст фенцондæр кæныны тыххæй: «Уæлæ Гетта!», «Уæйыг мæ федта!» æви «Айда-дела!»? Ирбонмæ афтæ фæкаст, цыма æлдары цыбыр къухы ехс нæ, фæлæ хæтæл-кард уыдис — хъуамæ дзы æрсæрфа æнамонд хуымоны. Æмæ... йæ фыпдзы .хуыичъыты адымст æмæ йе ’взистхъæд сæрак ехсæй йæ хор-хор бæхы агъды æргæрах баиу сты. Ир- бопæн. Фæцарæзта йæ сындзкъутæр æмбопдмæ. Ие згъæлаггæмттæ, цъæх хосау, аууилынмæ хъавæг æф- сургъы уый хъуыдис: сагау асæррæтт кодта æмбопды сæрты, йæ раззаг къæхтæ ацавта фæлмæн мæры, фæлæ фæстæгтæй ахæм риуыгъд акодта йæхи, æмæ хуымонæй, æлдарæй ничи фæхатыд, кæм арвы скъуыдæй æрхаудта... Уастырджи сæ цур- мæ. Лæппуйæн йæ урс уæлдзарм худ, йæ урс-урсид алдымбыдтæ басылыхъ æмæ цухъа ерыс кодтой æвзист бæрцытæ æмæ хотых- ты æрттывдимæ. Фæлæ сæ æлдарæй, аххуырстæй. уыдонæй сæ цæст рæвдауыны бон пæма фæци — пæмæджы нард фæлмæн синтыл æпæзонгæйы тасаг ехс калмау куы атыхст æмæ йæ рыг куы скалд, уæд иууылдæр фæкодтой æмбогъ, æмæ сæ гыццыл, тымбыл æрмттæй амбæхстой сæ мыстьлæрды хуызæн чысыл æрттиваг цæстытæ. Уыцы æмхуызонæй срызтысты, цыма сæ цæрмтты æмпылып райдыдтой æмæ гыццылæй гыццылдæр кæ- нынц. — Цæуыл æй марыс, куыдзы æфтыддаг! — Ирбоп цыма йæ дзырдтæ тыхтæй-амæлттæй ралæмæрста. Æлдарыл дыккаг хатт æруагъта ехс, фæлæ фыццаг цæфæй... • Нырма уал, иугæр нæм адæтты кой æрхаудта, уæд, æлда- 110
рæй æлдайраг кæй ницы уыдис, уый кой æнæракæнгæ нæй. Иуран бадын æмæ сæн пуазынæй ма рæсыд æлдарыл йæ ’ къабафадыг хæлафы ’стыр комдæл тыххæй æххæссыд; йæ цы- быргомау хæдоны уагъд фæдджитæ сæ тæккæ бынтыл цыдæр æрттиваг хуыйæндагæй ныббаста йæ рæсыд тæнтæм æмæ, царв- цæгъдæн куы схъил кæнай, дардмæ уый æнгæс лæвæрдта. Йæ къух-иу куы фæхъил кодта, уæд-иу йæ гом гуыбын ферттывта хурмæ. Ирбоны ехсы фыццаг гæрахæй фæхъил гуыбынырдæм, æмæ хъал бæх, мырмыргæнгæ, йæ алыварс куыд кафыд, афтæ-иу ехсы тъæпæп чъепе аныгъуылд йæ фæлмæи æрбадæиты. Йæ рыджыскалд æмæ-иу йæ еу-додой баиу сты, афтæмæй-иу куы нæ сырх-сырхид рæсыд ных æркъуырдта зæххыл, куы — йæ къогъодзиты цыргъ бырынчъытæ. Ноджы мæ цы фæцæйрох кодта: æлдарæй чысыл дарддæр ирон аив хуыд цухъа æмæ куырæты (Ирбон иу фæкастæй ба- зыдта ироп сылгоймаджы æрмдзæф), къабафадыг хæлаф æмæ къогъодзиты лæууыд æлдары фырт. Йæ синысæртыл хæцыд æмæ, йæ фыд кæйдæр æпамонд удæй куыд хъазы, ууыл худт пæ лыстæг, къæдз рихиты бын. Нырма — хъуымызбыл, фæлæ, фых хуыйы хъыбылау, йе ’мбæхст сой йæ цармæй æддæмæ раир- вæзыиыл хъардта йæ уд. Йæ фарсыл уыд дамбаца ауыгъд. йæ гæрз роныл цы хъама æрзæбул, уый бырынкъ дыууæ къахы ас- тæумæ кæй æнцад, уымæй фæхатыд Ирбоп — хохæгты фæзмы- пæй æфхæрдзæнис йæ уд. О, æмæ йæ кой скæнын фæцæйрох кодта мæнæй. Ирбопæй нæ айрох. Ие знæт цæеты зулæй-иу ацахета, лæп- пу фыццаг йæ гыццыл сæр куыд атыхта йæ хæтæл цæнгтæй, стæй йæм хъуызгæ куыд ракаст сæ бынты. Ирæтты Уастырджийы кой куыднæ фехъуыста — йæ урс зачъе фæйлауы уддзæфмæ, йæ урс цухъа æрттивы, йæ урс æф- сургъ — æртæкъахыг. Уастырджийæп. Лæппуйæп та — мыда- дзæнгæс цьгбыр зачъстæ, йæ бæх — сыиты базыры хуызæн. Æмæ дзы, зæгъгæ, æз рох дæн, уый зæрдæ йæ куы фæ- сайдта, уæд йæ ризгæ æпгуылдзтæ фыццаг ацагуырдтой хъа- майы фистои. Куынæ æмæ йæ куыиæ ардта, уæд æм кæнæ йе слаеыны хъару пал разыид, кæпæ та, ахæм цыргъагæй Ирбоны дæлфадмæ дæр кæй иæ сæххæсдзæнис, уый æрцахста йæ тарст хъуыды. Йæ пыфс æрæицад дамбацайыл. Кардæй бавзидын æмæ хъæргæнаджы мæнгвæдæг фелхъивынæи та кæд иухуызон тых пæ хъæуы, уæддæр иу ныфс агурыпц. Æмæ лæппу, йæ цæс- сыгтæ асæрф-асæрфгæнгæ, цалынмæ йæ фарсмæ æвнæлдта, цалыимæ, æдæрсгæ архайып кæимæ нæ уæндыд, уыцы хотых нста, цалыпмæ йып, фуртт-фуртгæпгæ, йæ мæигвæдæг’æвæрдта... 111
Уалыимæ Ирбонæн ныффæздæг калдта йæхи дамбаца. Æл- дары фыртæи йæ хъæргæнаг атахт йæ къухæй, йæхæдæг сыл- гоймаджы цъæхахст фæкодта, æмæ йьгн цыма исчи йæ бацæй- биттæ æрбакъуырдта — фæхъил. Ирбонмæ цы фæкаст диссаг. Æлдар цы хуымоны падта, уый ныр ауæдзыл хуыосыд уæл- гоммæ, йæ цыбыр къæхтæ æмæ къухтæ, згъарæджы сæргæнæи- тау, ныззылып-мылын кодта, йæ цæсгом фыртæссæй пыггæлир- тæ, йæ астымæпгæс бур æрфгуыты бын йæ лæбырд цъæ^х цæс- тыты бузпыджы бæсты кæд зындис æнæразыйы нысап. Ирбоны фæзыидæй йыл цыма стыр фыд æрцыд. Æмæ йыл фæцæйуыгъта йæ къух — цæргæ-цæрæнбонты се уæпгты цагъайраджы туг фæлæдæрст, гутонæй сæ куы суадзай, уæддæр сын уæрдоны æфсондзы бынмæ æнæ хилгæ нæй, зæгъ- гæ. Фæлæ йæ цæсты зулæй ауыдта: чысыл раздæр сæ хъæдур- дзæхдоны æлыг къустæ се ’нгуылдзтæй чи сдæрдта, уыдон се стыр сау хъоппæг цæстытæ нал истой тæлфгæ æфсургъ æмæ æнæнхъæлæджы бæлццонæй. Иæ сæры уымæн февзæрд хивæнд фарст Ирбонæп: чи куыд гыццылдæр æмæ æдыхдæр у, афтæ йæ уд цæмæи фæхъары куыд стырдæр уæлæфтау, куыд стырдæр кусæнгарз, куыд стырдæр цæрæнуат, куыд стырдæр бынтæ.скæ- нын, куыд фылдæр цот рауадзыныл? Фæлæ йæхицæн дзуапп раттыныл нæ батыхст. Нæдæр æй дзуапп раттып фæидыдис. Йæ сæры фестъæлфыд пог хъуыды: ныр сыы сæ дарæг, сæ уромæг дзыгуын галтыл ахъæр кæн, уæд дзы исчи æрлæууид йæ пыхмæ? Уыдон сæ хицæуттæй хивæнддæр уыдысты — нæ сæ фæпды- днс се ’пад сихорæй фæиппæрд уæвып. Фæлæ ехсы гæрах бæз- джыи цармы дæр хъары, зивæггæпгæ, сæ кæрæдзи сыкъайæ схойгæ, асæпп кодтой æфсургъы разæй. Адæймаджы хивæпд зондыл куыдз амæлæд, æпдæра, лæп- пу хорз зыдта, цæрæнбонты ссæст æмæ æфхæрд дæлзутæгтæй йæ фæдыл æргомæй рахъæр кæнын кæй ничи бауæнддзæнис. Ирбопы фыдæлтæ сæ тазккæ тыхыл куы уыдысты, бердзе- нæгтимæ сын æргом базарадон ахастытæ куы уыдис, уæд сæ Сау депджызыл уыдон, бердзенæгтæ ластой — ацырдæм-иу сын фæтæрып кодтой науты, сæхæдæг-иу, цæлгæнгæ, сæхи ирхæфс- гæ, цыдысты. Сæ базарæй-иу куы пыррухс сæ зæрдæ, уæд, цæ- мæй фæстæмæ уæлдай уæз ма ластаиккой, уый тыххæй-иу сæ дæлзутæгты алантæи сæрмæ-сæр сæгътыл баивтой, сæ фæндаг- гаджы кой-иу бакодтой. Цы сæфтоп алантæ: сæныччы хъус бирæгъ куы хæссы, цагъайраг та цыфæпды гыццыл, цыфæнды æдых уæд, уæддæр 112
зæхх змæнтын, йæхи дарынæн у, бафтау æй куыстыл, æмæ дыи рог кæна дæ къух. Сæ кусæн зæххытыл сæ æфтыдтой. Æмæ сып куыстой. Но- джы ма-пу се ’рвылбопои тохтæн цы æнæпайда цагъарты æр- тардтой, уыдоны сæм æфтыдтой. Сæ пайда цас уыдаид, фæлæ сып нæ хатыдысты сæ зиан дæр. Куыд сæ уагътаиккой лæджы æмсæр тохтæм ссмæ, æмæ цот кодтой. Бæр кæнынмæ сæ сыстытæй сæхæдæг дæр фæсте нæ задысты. Аланыстоны быдыртыл, лывдзæгау, апырх сты. Кæд-пу сæм алантæ иу стæм хатт уазæгуаты æрцæуынмæ сæ сæр æрхастой, уæд-иу дзы йæ ис, йæ боныл фæстæмæ ничиуал фæхæцыд, дæлзутæгтæй, æнæхъæи къуыригæйтты-иу сæ пал ауагътой, нæ къахыл сымах фæрцы лæууæм, зæгъгæ. Куывдæи- иу урс галтæ фергæвстой. Бон-изæрмæ-иу сæ рæсугъддæр чыз- джытæ æмæ чыидзыты алыхуызоп æхцон тæфгæпаг кæрдæ- джыты дæтты фæнадтой, стæй-иу сæ æхсæвы, хуыптимæ бакод- той сæ уазджытæп, цæмæй ива сæ туг, се стæг. Расыг адæймагæн йæ удæн куыд æхцондæр уа, ууыл фæ- цæуы йæ зопд. Худтысты сыл, цагъайраг цагъайраг у, уæдæ, æндæр куыд хъуамæ кæпой, зæгъгæ. Стæй манголты æнæнымæц æфсады пыхмæ тохы алантæн сæ астæумагъз асаст. Сæхи кæд цагъарадмæ пе ’руагътой, уæд- дæр сæ уд сæ кой сси, æмæ сæ сæ уæзгуытæ дæр пал æпдæв- той. Дæлзутæгтæм-иу исчи куы ’рбабырста, уæд-иу сæ нæлгой- мæгтæ сæ сæртæ бамбæхстой; исбонæй-иу сæм кæд исты уыдис, уæд-иу сын æй тыхджып ахаста, акодтой-иу сын сæ рæсугъд- дæр сылгоймæгты сæхицæн хиирхæфсыиæп, æмæ-иу афардæг сты. Дæлзутæгтæ-иу æрæвнæлдтой ног цард аразыпмæ. Афтæмæй кодтой фылдæрæй-фылдæр. Алапты сæ фыоссынад нал æпдæвта æмæ уыдонæн баззад. Алантæ-иу дзырдтой сæ мæстæй: «Нæ чиныг нын сæгъ бахордта», ома пæ сæгъæйæл- хæдтыты баци, фæлæ урæдтой сæ маст. Туг та, цъус уа æви бирæ, уæддæр нæ сæфы. Зыдта Ирбоп, нырма цагъайраджы туг фылдæр цы дæлзу- тæгты уæпгты ис, уыдонæй æргом пичи рахъæр кæпдзæнис йæ фæдыл «хорзыл амбæл» дæр, фæлæ бирæтæм хъуыддаг рай- дайынæй хъуыддаг пыууадзын зындæр фæкæсы. Ирбон, мæхи ма куыд басæттон, сæ атæлæт кæнынмæ йæ ныфс нæ бахаста, зæгъгæ, куы ахъуыды кæиой, дзыгуып гал- ты фæндаг-фæндаг бæхы разæй фæтардта. Фыццаг ирон хъæу- мæ куы ’рбахæццæ, уæд лæгтæ иу хæдзары къулрæбын бадты- ^сты хурварс. 8 Мах дуг № 11—12 » 113
Арфтæ сып ракодта Ирбон, стæй сын уайдзæфы хуызы, цы, дам, уæ сæртæ уæ риутыл æрæппæрстат, мæнæ уын кусарт æмæ физопджытæ здухут — æхсаргардæй дзыгуын галтæй иуы бæр- зæй æрдаудта, йæхæдæг ипнæты фæцырддæр кодта. Къамбец зымæг уазалæп нæ фæразы, сæрд — тæвдæн. Се ’взæгтæ æрæппæрстой, цыд сæ лæф-лæф, афтæмæй сæ Ирбон- тæм бирæ куыпал хъуыд, уæд комæй сæ хъус ацахста доиы уы- нæр. Комæй дæм рагъмæ допы уыпæр, цыма дæ тæккæ раз ис, афтæ хъуысдзæнис. Æмæ дзыгуын галтæ хъæды фæцагайдтой æмуырдыг. Æнæуи дæ*р хивæид фос сты, пыр ма сæ уромæг урæдта! Хъæд та цæхгæр фæлыг тигъыл æмæ уырдыгæй сæ кæрæдзийы фæдыл, фыстау, акалдысты коммæ. Дымгæйы æрбахæосæггаг дымгæ куы ахæссы, уæд ыл зæр- дæ пæ риссы— лæппу сыл йæ къух ауыгъта æпæмæтæй. Йæ ехс фехста донмæ: — Тæф кæны! Æлдар та, гыццыл уа æви стыр, æппæтхъом уа æви æпæбон, уæддæр адæймаджы хиуарзон тугæй вæпйы. Адæймаг та цас хиуарзоидæр уа, уыйбæрц æм марг фылдæр ис, æмæ йæ уый нæ фæуадзы йæхи састы быпаты ныббæттып. Рæсыд дæлзутаг йæхицæи нал адджып кодта йæ сæны хуып- пытæ, йæ хъæбæр кæрдзын — хъардта сæ губернаторæн, афтæ æмæ, дам, пæм афтæ мæ фыртимæ боп-сихорафон æд абырджы- ты бал ныццавта уый æмæ уый, Ирбоп, мæхи, дам, мын ехсæй мардтой, мæ фырты та, дам, мын цалдæрæй милмæ систой, йе ’хсæн къух ын нæмгуытæй иыппырх кодтой, æндæра, дам, сæ уый пæхæдæг сухты цагъд бæргæ пыккодтаид æмæ пыккæпид. Фæлæ нæ хæхты абырæджы фæдыл губериаторæн афтæ æн- цоп ахæтæи пæу, полпцæнæ йæ пал уыдис пыфс Кæмдæрты агуырдта, æххуырста сусæг лæгмарджытæ. Ирбон та... Цас абырæг уыд, фæлæ псчи дæ фæдыл куы зила, уæд дзы рæстæгмæ æфсопæн уæддæр хъуамæ бахизай дæхи, æмæ-иу къуыригæйтты æрбайсæфт. Ныр дæр — Къуыдаргоммæ ме ’рдхордмæ цæуын, зæгъгæ, иу изæрмилты пæ сыптбазыр бæхыл абадт æмæ йæ цæст нал ауыдта. Уып та, цæй Къуыдаргом æмæ цæй Туалтæ. Йæ хъустыл æрцыд, уыцы сæи нуæзтæй рæсыдсæр цыдæр лæгмар кæй бах- хуырста, йæ фæдыл ын æй сусæгæй кæй æфтауы, æмæ нал лæу- уыд æрхъæцмæ, раздæр ыл куы фсмбæлдаид, уып йæ фæндыд. Æлдары хъæуы йыи зопгæ уыдпс, уырпыдта пæ, хабæрттæ йын уып лæмбыпæгдæр кæп фæдзырдтаид. Æфсургъы ма фæндыдис йе уæпгты бæрц пæхи анвазын 114
æмæ æцæгæлон кæрты йæ мидбыпаты кафæгау скодта. Ирбон кæсы æмæ йæ зопгæ бады мæйрухсмæ, йе ’пæфаст сæр æрæп- пæрста йæ хъæбысы, фуртт-фуртт кæны. Ноджы йæ уæлхъус бæхы къахуыиæр æмæ згъæлаггæмтты мыртт-мыртт куы фе- хъуыста, уæд иыррызт, тæфсæгæй рынчыпау, йе ’фсæр ныззы- лып, йæ дыууæ тымбыл цæсты рацæйгæпп кодтой фыртæссæй, дзуармæ кувæгау йæ уæрджытыл æрхаудта барæджы раз. — Цы кодтай? — бæхæй æргæпп кодта Ирбо.ц. Фысым куы базыдта, барæг тыхгæпæг нæу, уæд фырцпнæн бахъарм йæ зæрдæ. Уазæг æй бауыгъта, æрфарста йæ, цы мæтæй дæхи хæрыс, зæъгæ. Æмæ йын лæг ацамыдта хæдзармæ. Хæдзары саст рудзынгæй мидæмæ мæйрухс калд, æви дзы æддæмæ калд дыдзырухс, уый бæрæг нæ уыд. Ирбои бæлвыр- дæй цы базыдта — рæстæгæй-рæстæгмæ-ну дзы рапхъуыстысты цахæмдæр уæлмонц зæлтæ, агуывзæты къуырццытæ. Æххæст бæрæг пæ уыд, нсчи дзаг фынджы уæлхъус бады, рæстæг æр- виты æви сыптæгыл хуыссы. — Мæ усимæ...— дæлзутаг ныхъхъыс-хъыс кодта фарссаст къæбысау. — Уый та куыд?! — фæцæйæрра кодта Ирбоп.— Чидæр уым... дæ усимæ?.. Ды та ам тъизыс? — йæ рахиз арм андæгъд йæ хъамайы фнстопыл. Фысым йæхимæ марæп кæрдтæ бахаста, йе ’фсæр нал уро- мы, ирон у, ды куы ацæуай, уæд дам нæ иууылдæр пыццæгъд- дзæнис. Æмæ уазæг мæсты ту ныккодта зæххыл. Йæ дугъоны рагъ- ыл куыд февзæрд, хъæуы уыпгты йæ комкоммæ куыд фæца- рæзта, ууыл иал ахъуыды кодта. Чъизийы тæф калд алы хæ- дзарæй дæр. Цыдæр дæлæмæдзыд, куыдзы ном худнпаггæпæг къæбыла- гæндтæ-иу ыл сæ удтæ фæцæпскъуыдтой хæдзæртты къæсæртæй къæу-къæуæй, стæй та-иу сæрыстырæй амбæхстысты тыргъы. Ирон хъæуты цуапонтæ йæ йæ бæхæй- æристапккой, æмæ лæппуйы хъуыдыйы стъæлфыд — Хуыцау кæй цахæмæп сфæл- дыста, ахæмæй йын схай кодта, цы йып радта, уыдон. Йæ туг, йе стæг ын нæ аивдзыпæ. Нæ йын аивдзынæ, æнус-æпус цы хъуыдытæй цард, уыдоп дæр. Æндæра, ау, куыд пс уый гæпæн, чидæр дын дæ хæдзары дæ усимæ?.. Ды та дæхи дæр дæ кар- ды фындзыл сисыны бæсты, тыргъы бадай æмæ дæ цæсссыгæй дæхи æхсай? Иу мардæй фылдæр кæпдзыпæ? Æвп уып мардæй фыддæр нæу, исчи дæ ратæра æпæхицау къæбысау дæ хæдзарæй æмæ дын де ’мкъайы дæ лыстæны?.. Ту! Ахæм хъуыдытæгæпгæ бопыцъæхтыл балæууыд йс ’рдхорды 8* 115
хъæугæрон. Нæ йæ фаондыд йæ фысымты сæууон фыптæ бай- сын, æмæ бæхы уæгъдæй ауагъта, йæхæдæг йæ пымæтыл æр- хуыссыд, йæ сæр саргъмæ æрхаста æмæ тар фынæй ацис. Фыны йæ къухтæ цыдæр ивæзаг хъылмайæ сахуырстысты. Сæ ныхсыныл йæ уд куы хъардта, уæд æм æххуысмæ фæзынд йæ бæх — бамыр-мыр ып кодта йæ хъусы, ома, куыд иыффы- нæй дæ, хуры узæлдæн хæхты цъуппытæ куы батадысты. Æцæг, хъæу лæууыдис йæ къахыл. Ирбопы æрдхорды дык- каг хæдзæрттæм уыд чындзæхсæв. Лæппу æнæхонгæ уазæджы бæсты йæхи æнæвдæлонæй равдисып бæргæ хуыздæрыл бапы- мадта, цæуыпы къахыл бæргæ иыллæууыд, фæлæ йæ фысымтæ ской дæр не суагътой. Иупæг цины фынгыл дæр мæгуыр у — цалдæргæйттæ аныз- той, уæддæр ма æфсæрмытæ кодта. Ноджы йæм хъæубæстæн иу пæхи карæн æиæсæрæигоид чи- дæр дзырдæппарæитыл пыллæууыд: — Хъама куы ’рбæттай дæ фарсыл, уæд æрмæст — ахæм! — бæллыдис ын йе ’взнст хъамамæ. — Дæ азиæгтæ æлхæнгæ бакодтай? — пæ цæстæигас-пу фæ- цæй тад Ирбоны цырыхъытыл. — Мæхи къухæй цæуынц. — Дæ къахайстимæ куыд тыпг хъыс-хъысгæнаг сты!.. Зыдта йæ Ирбон. Лæппуйы. Зæххытæ сын цъус иæ уыдис, хъæубæстимæ абаргæйæ. ’Хæдзæрттæ æддæгуæлæтæ суагътой. Уыдис сæм фос. Фæлæ сæ къæсæрæй, куыд сæ дзырдтон, афтæ- мæй уазæг, йæ рихи здухгæ, пикуыма рахызт. Сæ уды помыл сæпыччы хъусæй туг пикуы суагътой. Йæ зæрдæйы фæндиаг уæлæдарæс сæ йе уæнгтыл ничи æрбакодта. — Сæ хъыс-хъыс æпæхъæн хъæубæстæ æрыхъусынц. — Цæмæй мып къæрпыхы фæцæуæи ма уа,— ныхас хъазы- нырдæм здæхта Ирбоп. Ноджы фæйпæ цалдæргай сыкъатæ куы анызтой, уæд æм лæппу иыууырдыг: — Уазæг, ирон дæр иропы хуызæн пал у: раздæр, зæгъгæ, ироны исбоиæй дæ зæрдæ истæмæ бахъазыд, уæд дып æй æнæ- мæиг ныллæвар кодтаид! Лæппутæй йыл чн худгæ бакодта, чи — бустæ, ома, дæ зонд пуазыс, де ’взаг дæ цæмæниæ фæрсы. Фæлæ уæдмæ Ирбоны. хъуыдыйы цыдæр ацыд судзгæ, йе стъæлфгæ цæстæнгас ан- дæгъд йе ’рдхордыл. Стæй кард фелвæста, цырыхъы хъустыл æй февæрдта, æрфаста сæ сæрæй быпмæ, æмæ сæ фыпджы бынты баппæрста лæппумæ: — Рæхсæпæй сæ абидзыпæ. Æниу, цы фыдæбоп кæпыс, дæ цæст сæ уæддæр иæ бауарздзæнис скæпып. 116
Йæхæдæг уыцы æхсæв йе ’рдхорды зæронд къогъвдзНть! рафардæг. Къуырийы бонмæ хæлæггæнаг лæппуйæп йæ дыууæ цæсты разæй æрбатары йæ бæх, на^ ып фæхæст пæ фæдыл дæр. Мæйы фæстæ сын сæ кæртæй, сæ тæккæ къæсæрæй, чидæр æмбисæх- сæв акодта æртæаздзыд дыгæрдыг^ æмæ йæ ацу æмæ дæхицæп агур. Уалынмæ рацæй-рабон æмæ, Ирбоиы тæлæттаг къамбецтæ цы рыпдзæй атахтысты, уый сæрмæ сыптытæ къордгæпттæй куы райдаиккой зилдухæптæ, бухъзæрдæ хъуахъытæ кæпып. Афтæ хорзы нысан кæй пæу, уый алчи дæр зоны, æмæ пæм комбæсты лæппутæ цалдæрæй ацыдысты бæрæггæнæг. Цахæм- дæр хъылма æмбыды тæф æмбудæптæ цавта, пæ сæ уагъта æв- вахс, фæлæ цы уромы лæппуйы хивæнд, æмæ æпæрцæугæ, æпæ- фехъусгæхъуыддагæй ныххæцыдысты сæ цæстытыл: пу рæхспæг талайы тæккæ цъуппыл, йæ дыууæ цыбыр цонджы бæлаеы фасты фидаргопд, афтæмæй зулчъытæ æмæ сыптыты, халæтты холы фæцис... Асæй цыма дæлзутæгты æвзаргæдæрты æвзаргæдæр у, фæ- лæ йыл йе ’нæхсад пыхцыл сæр æмæ æмпъызтытæ голлаг дарæс гадзрахатæй цыдысты — уыдонæй уыд. Дарæс дзы йе рагъмæ кæмæи бафты, уый йæ, цалынмæ йын бьштоп алæзæра, йæ уæлæмæ йæ исты хуызы æмпъузаеп уа, уæдмæ нæ раласы. Кусгæ дæр уым кæпы,бæлцуаты дæр уым цæуы, фынæйæ дæр уыдон вæййынц йæ уæлæ... Уæ фарн — фыпæй, фæлæ фæсвæпдаг дæхи хъуыдыйы фез- дæхтæ, зæгъгæ, уæд дып цæмæп дæ бызгъуыр ласын ма хъæуа, уый тыххæй дæ къаба-хæлафы сагæхтæ уадз гомæй: лæугæйæ дын йе ссывтытæ æмбæрздзысты дæ гом буар, бахъуаджы рæс- тæджы йын пе ’рбадæнтыл фæйпæрдæм фæхæц, æмæ дæ хъуыд- даг —. рает. Кæд-иу сæ йæ дарæс искуы исчи раластаид, уæд — исты стыр бæрæгбоны размæ, цæмæй-иу йæ сыстытæ пыццагътаид тæвд гарпамæ. Цы базопын ма сын хъуыдис, чи фæци сыптыты холы, уый. Фæлæ цы ми кодта уым? Исчи йæ æрбахаста пе ’ккой? Нæ Ирбæсты иууыл кадджындæр мард у. Æнæхъæн ком- бæстæ йæм фæфæдис сты. Бæлас ратаеып кæпынæп цы хъуы- дис, æмæ йæ райстой. Цæмæй сæ ма хуыдуг кодтаид йæ тæфæй, фæпырх æй кодтой кæрдæджыты допæп æмæ пæ сæвæрдтой сыптыл. Фæбæрæг ын кодтой йе ’мтуг, йе ’мыстæг хиуæттæм, ахæм æмæ уæ ахæм кæмæй фесæфт, зæгъгæ. Уайтагъд хъæуы астæуæй райхъуыстысты удмарæп цъа^х- снаг хъыллистытæ, судзаггаджы хъарджытæ. 117
Хъуыддаг фæбæрæг, марды изема фсдтой, афтæмæй: кæд уыдпс æлдары а^ххуырст лæгмар, кæд фæцыд Ирбоиы марынмæ. Фæлæ Ирбоп дæр нал æмæ нал зынд. Æнамонддзинад иу- пæгæй пикуы æрцæуы, æмæ стыхстысты йæ хиуæттæ, йе ’мбæлт- тæ, хъæубæстæ... Агуырдтой йæ сусæг-æргомæй. Кæддæр куы уыд, уæд йæ саулох хæдзармæ фæзынд æнæ- саргъæй. Бамыр-мыр кодта мидæмæ. Йæ раззаг сæфтджытæй хоста зæхх. Цыдæр сæ кæй домдта, уый сып цы базоныи хъуы- дис. Бппоптæ фсвпæлдтой сæ рустæм. Кæуыпмæ хъæубæстæ фæ- фæдис сты. Чы-сыл хохаг хъæу сызпæт. Кæмæп сæ цы акæнгæ у, уымæп ничиуал ницы зыдта. Уæдмæ фæзынд Ирбопы кæстæр æфсымæр. Æнæсаргъ бæхы рагъмæ баппæрста йæхи. Йæ фæрстæ йып фесхуыста. Ауагъта йæ æпæидонæй. Иæхи бар. Æфсургъ æй изæрмилты мыствæндæгтыл балæууын кодта Æдзæрæг комы, Рох лæгæты раз. Ирбопæн бахаудтой пæ цæстытæ. Иæ худ йе ’рфгуытæй фæ- дæлдæр. Иæ уадулты стджытæ æддæмæ цыма цæугæ ракодтой. Иæ бурдзалыг зачъе йын æрæхгæдта йæ фæтæн риу. Йæ цухъа ныл зыпд ауыгъдæй. Стыр, дæрзæджытæкопд дурыл бадт лæ- гæты тæккæ былыл. йæ цухъа æмæ куырæты дыстæ фæмидæг- дæр сты рæмбыныкъæдзтæй. Лæгæты, æхсæрдзæп дуары хуы- зæн кæм æмбæрзта, уырдæм дардта йе ’рмттæ, æмæ сыл их дон калдис цыхцырджытæй. Дон тагъд йæ фæдджитæй. Кæстæр æфсымæр ыл хъавыд йæхи баппарынмæ, йе ’фцæ- джы пыттыхсыпмæ. Ирбоп æм пæ ракаст. Фæхъил кодта йæ рахиз къух: — Æввахс ма ’рбацу! — Цы кодтап, ме ’фсымæр? — лæппуйæн фырдисæй йæ цæс- тытæ æддæмæ бырыдысты. Ирбоп дзуаппыл пæ тагъд кодта. — Хъуыды ма кæныс, сæн нуæзтæй рæсыдсæр æлдары ех- сæй куы спадтон? — Куыипæ йæ хъуыды кæнын. — Хъуыды ма кæныс, йæ зилгæхаст хъыбылы æнгæс къæ- была мæн дамбацайæ æхсыпмæ куы хъавыд, æмæ йын йæ хæ- тæл цопг куы багæрах кодтон? — Куыппæ йæ хъуыды кæныи. — Хъуыды ма кæныс, сæ дарæг, сæ уромæг дзыгуын галты сып мæ разæп, сæпыччытау, куы ратардтоп, æмæ уый æппæтæй сæ пумæ ахæм пыфс куы пæ разынд, цæмæй мæ фæстæ радзырд- тя!ид, пæ сывæллæтты нын æпæдарæг ма пыууадз, зæгъгæ? — Куыппæ пæ хъуыды кæнын! 118
— Гъе, æмсе уыцы дæл&м&дзыдтæ кæд сусæгвæпдтæ кæ- иынмæ, искæй фæпдагыл уæрмытæ къахынмæ сты диссагæи дзуринаг! — Нæ дæ æмбарын. — Кæд сæ уæлейæ цы ис, авд ахæмы сты бынмæ! — Нæ дæ æмбарын. — Уыцы сæн нуæзтæй рæсыдсæр мын кæч, мæ фæдыл баф- гыдта лæгмар! — Зонын æй. — Цæмæй йæ зоныс? — Бæласæй йæ мах райстам. — Ух-х!.. Налат... Сынтытæп æй холыйæн цæуынпæ ныу- уагътат? — Йæ цæстытæ йып скъахтой. Йæ буар кæм зындпс, уым ыи йе стджытæ бахсыдтой, иннæ зулчъыты холы фæци. — Хъæугæроимæ сæм барæй иыццыдтæп. Расайдтоп æп мæ фæдыл. Гурæй-гурмæ хъуызыд мæ фæд-фæд, стæй мæ- хæдæг йæ фæстæты фæдæп. Йе ’згæ хæцæнгæрзтæ пын куы ’ркалып кодтон, ехсæй йыл дзæбæх куы ’рцыдтæн, уæд йæ цæнгтæ бæласы фасты атъыста йæхæдæг. Цыма дзы уæз пæ уыд, бæлас уыцы сæрибарæй сраст. — Хæдзары сæхи бахордтой. — Зæгъ сып, сывæллон нал дæп. — Æнæ дæу аздæхон? — Мæнæн, цалынмæ уыцы смаггæпаджы тæф мæ къухтæй ссæуа, уæдмæ фæрнджын хæдзары къæсæрæй бахизæп нæй,— йе ’рмттæ æхсæрдзæны батъыста арфдæр, йæ былтæ азылын кодта иуварс. Кæстæр æфсымæр куынпæ хъуамæ зопа йæ хистæры хи- вæнд? Йæ’ бон пицы баци йæ ныхмæ сдзурып. Æгайтма, сæрæ- гас у. Стæй уый дæр фыццаг сабыргай, стæй тыпгæй-тыпгдæр рапдыдта хатын смаггæпаг тæф. Удмарæп, хуыдуггæпæг тæф. Лæппуйæн йæ боп иал уыд улæфып. Йæ зæрдæ æддæмæ хаудта. Хъавыд дзы йæ цармæй агæпп кæпыпмæ. Йæ галиу ар- мæй аивæй пыххæцыд йæ дзых æмæ йæ фыпдзыл, афтæмæй Рох лæгæтæй згъорæгау ракодта. Дард, дард. Кæдæм æй нал æи- къардтаид, ахæм рапмæ. Ирбоны саулох сын бæлвырд ницы æмбæрста сæ хъуыддæг- тæн, фæлæ уый дæр стъæлфыд хохрæбын, æхсæрдзæпы цур, æмæ-иу, йæхиимæ дзурæгау, бамыр-мыр кодта мынæг хъæлæ- сæй. 1989—1990 азтæ, Огъреу—Чъреба.
Хъодзаты Æхсар Æвыд-дывыдоны дуг СТАЛИНЫ МОНОЛОГ Сæмпæрчъитæ, æнæфæнык бынмизтæ, быдылотæ! Æлгъитут мæ мæрдтæм. «Æгъатыр, удхор, сау фыдгæнæг, залым, лæгмар, æвдиу»,— фыднæмттæ мыл ныхасут. Æмбарут: нал ис ингæнæй ,ыстæн æмæ уæндут, «хъæбатыртæ», «фæтæгтæ»! Гъей, дзиглотæ! Мæ удæгасæй м’ аууон кæуыл æфтыдта удаист, æмризæг! Сымах фæрсын: мæ аххос та цы уыд? Æнцад-æнцад-иу трибунæмæ схызтæн. Сым дæр-иу мæ нæма сирвæзтис, афтæ — æмдзæгъд æмæ хъæлæсыдзаг «ура!», æрра хъæртæ, хъыллиппытæ фырцинæй. Егъау галуан-иу абухынæй не ’нцад сахатгæйттæ: уыд йемыдзаг СÆРТÆЙ. Сæртæ, сæртæ... Сæдæтæ ’мæ еердзæтæ. Фæйнæхуызæттæ. Сау сæртæ ’мæ буртæ. Тымбылтæ ’мæ дæргъæццæттæ. Гæмæхтæ, пыхцылтæ дæр. Æрыгæттæ, зæрæдтæ... Цъынддзæстæй-иу сæм акастæн дæлæмæ æмæ-иу исдуг аныгъуылдтæн дисы: кæд уæле вæййы алкæмæн йæ сæр,
у&д адЬн та цæмæн ысты мæ бынмæ? Æмæ-иу баиу аргъауимæ фын: ныхъхъус, нындзыг, ныддур-иу ысты сæртæ, ТЫГУЫЛДУРТÆЙ-иу агæпп ластой уайтагъд. Æмæ-иу галуан байгом и уынгау* кæнæ та уартæ Сырх фæзау — уыд астæрд æнгомæвæрд æмлæгъз дуртæй. Æрттывтой. Тымбылтæ ’мæ дæргъæццæттæ. Дудутæ. Цыдтæн сыл æз. Мæ цырыхъытæн хъуысти сæ цæфхæдты æндон зæлланг. Цыдтйен сыл. Хуыздæр уæдæ цæуыл цыдаин? И?! 26.03.93 МÆ СУРÆТ (Арти Парнмæ гæсгæ) Фæрсдзæни искæд иу æрра мæнæй дæр: «Цы лæг уыди? Цы нæ уарзта? Цы уарзта? Зæгъут ын-иу: фыд-зыкъуыр лæг уыди, мæстыгæр æмæ мадзура, куыстæмхиц, æфсæрмдзæстыг, фæлурсдзæсгом, æрхæндæг, уæзвад, æнарæхст, узгæ-узгæ цыд нæл бабызау. Хуыдтой-иу æй хуырым дæр. Хуырым уыд, о: сывæллонау æй сайдтой ХÆЛÆГÆЙ ГУЫРДТÆ — хинæйдзаг хæлæрттæ, тыдтой сындзытæ уый къухæй, йæ фæстæ æмбæхсынджытæй хъазыдысты арæх. Нæ уыд йæ фыдау гутондар, #е хосдзау, нæ зылди фосмæ, кусарт дæр цæ кодта, нæ ласта суг, нæ быдта къуту, каутæ. Быдта... Сæлхæрау хъазыди ныхæстæй, кæрæдзиуыл сæ рифмæтæй ныхæста. Йæ мулк, йæ исбон? Зонды муртæ иуцъус, æгъдау, хъолай, четар æмæ джелбетт. Цы нæ уарзта? Фырдзырд æмæ дзæнгæда, цæстмæмитæ, гадзрахат æмæ давын. Йæ цæстысындз — æздæнонæг, ысхъæл, цæрæгойтæй та — хуы æмæ гиенæ. Цы уарзта, цы? «Чермены цæссыг» уарзта: 121
азмг&ртты фынгыл цал хатты фæрасЫГ, уæ байзæддæпы уал хорзæхы уæд! Сылгоймæгтæ... Йæ уд, йæ дзæцц уыдысты, о, уарзта сæ, хæрæджы куыст сын кодта. Цы ма уарзта? Дзæгъæлдзу куыйты. Семæ ыстыр сахары стыр уынджы иронау ныхæстæ кодта, фарста сæ хабæрттæй. Фæлæ сæ алкæд не ’вдæлди: тындзыдта чи стæнмæ, чи йæ гадзамæ. Цæвиттон, нæ йæ кодтой куыдзы хъуыды дæр куыйтæ. Ай-гъай, æдзух æй не ’мб&рстой. Уæд-иу йæхæдæг дæр ысфаелвæрдта рæйыныл. 1.04.93. ÆВЫД-ДЫВЫДОНЫ ДУГ Уыдис ахæм рæстæг, æмæ адæм уыдысты хæйрæджытæ æмæ уæйгуыты къухы... Фарастсæрон уæйыгæн лæвæрдтой афæдз фа- раст адæймаджы хъалонæн, авдсæронæн та — авд адæймаджы... Хæйрæджытæ та уыдысты хин æмæ фæлывдæй се ’гасыл дæр тых... Уастырджи ахуыр кæнын байдыдта адæмы дур æхсын,хъилæй цæвын... Уæд сæ бон баци уæйгуыты ныхмæ тох кæнын. Таурæгъæй Уыди ма ацы хъаймæт раздæр... Æвыд-дывыдоны дуг раздæхт — ысты дæлимонтæм нæ бартæ, ыстæм та уæйгуытæн цагъартæ. Сæ иу дзы — фарастсæрон, аннæ — æвдсæрон. Бахауæд нæ раны дæ фыдгул: ирвæзæм сæ хъуырты. Хæссæм сын хъалонæн нæ фыртты æмæ нæ чызджыты. Нæ бæстæ — гæныстон, ихсийы нæ хъæстæ. Цæрæм æнæкъона, гаффуттæй, гæвзытæ — зондæй æмæ удæй. Нæ комдзог, н ’адæмы фыдызнаг — нæхицæй. Иблисты æфтыддаг!
Æмæ нæ рйдыгай æйзары, нымудзы, ардауы, æндзары. Цы фæуæм? Арвырдæм фæкæсæМ, нæхи нæ Раттæгыл фæдзæхсæм. УÆЛÆМÆ, Уастырджимæ, кувæм, æххуыстæ, арфæтæ дзы курæм. Нæ зонд, нæ сæнттæ та — ДÆЛИОН, уым иу ныв, иунæг ныв! Д&лимон. 13.05.93 АБОН «Ай сæрысæфт у æви бынысæфт?» Мæ иу зонгæйы ныхас Мæн сурынц Азар æмæ Сар, мæ зæрдæ ссыхырна сæ фæттæй, фæлæ Хуыцауæй æмæ зæдтæй мæнæн нæй амæлынæн бар. Мæ Иры СУДЗАДЖЫ ХЪÆДГÆМТТÆЙ мæхицæн сарæзтон хæдзар, зыхъыртæ —-къултæ æмæ цар, кæны мыл тугуарæн йæ гæмттæй. Хъæуы цæрын. Æмæ —- цæрын. Нырма цы емынæ, цы ран бæстыл цы сыстдзæни?.. Замантæ... Уæддæр мын фат æмæ фæндыр — цæгтæ. Æлвæст хъистæ, æрдын... Замантæ нæ, фæлæ замана... 24.03.93 123
ÆЦÆГÆЛОН Итали, Англис уа, Тайван,— зæххыл кæм и паддзахад,— сæ фæллой ахадгæ, сæ фарн æвидигæ^ парахат; Швейцари — ирд бæстæ, æрвон, æххæст — æрдзæй^ бæркадæй; Æфтауы дидинæг Апон. Дзæнæтбæстæ Элладæ; Нæры испайнаг æвзаг, рухс, æнхъ&взы, цыма фурд у* Араббаг... Хъус æмæ йæм хъус. Йæ кад нæ сафы урду. Куыд нæу тæхудиаг фарси, кæмæн уыди Саади... Аллонты стыр амонд фæци — нæртон æвзаг сын рарди. Фæлæ куыд раппæлон? Цæмæй? — ныссæстам æй нæ быны: æвзаг нын нæй — бæстæ дæр нæй, æрмæст æй фенæм фыны. Уыди нын стыр бæстæ кæддæр: нæудзар быдыртæ дардыл. Фæлæ фæсайраг и нæ сæр, ныккалди дон нæ артыл. Ныр бадæм Иры дзыхъы — хъал нæ фыдæлты æндæргтæй. Цы дæн, цагъар дæн æви гал? Кæмæн кусын уæзæгæй? Æз ам — æцæгæлон. Фæдæн фыдвæд æмæ фыдвæстаг. Кæмæн —- фыдыбæстæ, кæмæн — фыдыусы фыдбæстæ... Æрвитын ме ’хсæвтæ тыхстæй, мæ бонтæ — сау, мылазон. Мæнæн фыдæлты бæстæ нæй æмæ, зæгъ-ма, цы уарзон? 28,03.93
* * * (Гейнейæ) Фæныкхуыз пæлæзы нымбæхсти Хуыцау, Фæныкгуызау, тарф фынæй баци. Æппары нын тымыгъ æхсныфау нæ нау, кæндзыстæм æнæрай нæ балцæй. Æз кувын: «0, не Скæнæг, ракæс нæм, цæй, адзал нæ æрцахсдзæн, æрцахсдзæн. 0, баххуыс кæ — уадæн æруромæн нæй, нæй денджызыл бакæнæн сахсæн». Æдзæм у, æгуыппæг у, гоби у арв, æмбугæнгæ, денджыз фæйлауы... Фæныкхуыз пæлæзы нынныгъуылон Хуыцауау, ныффынæй уон науы. И. Ч. Куыд рухс ысты, куыд арф йæ цæстытæ, йæ сæнттæ! — Уынын дзы æз цъæх арв æд хуыцæуттæ, æд зæдтæ. 27.1Х.92 поэзи Ды дард дæ махæй, ды нæ хъæуыс никæй. Æрлæууыди ХÆЛОФЫ БОН. Фæдис! Ам иу дæр исæй нал зоны æфсис æмæ йæ исы арц æмæ фæринкæй. Ды та тæхыс, дæ базыртæ — зæринæй. О Фидыцы дзуар, хуры тын — дæ сис. Æрхиз мæм арвæй, сау цъыфæй мæ сис, мæ зæрдæ — афтид, байдзаг æй кæ цинæй. арф 1993 125
Цы счындæуа, Адамы зæнæг, адæм, адамыхъотæ?.. Нал арæм фæрæз,— бырæм, кæнæм мæлдзыджытау бæз-бæз. Гуыбыны рагъыл Бичъы комы бадæм æмæ хæссæм уынаффæтæ, хæрæм. Æмæ «фыдгултæй» хъахъæнæм нæ уæрм. 19.03.92 ЦАРД Æрбадти бур зокъойыл хæфс, æфсæстæй хуры тынтæй хъазы. Йæ ахсæнæй та къогъо уасы: «0, хæфс, мæ тæригъæд фæхæсс!» Хæфс афтæ: «0, Хуыцау, æркæс æмæ рæсттæрхонгæнæг разын. Цæмæй дæн аххосджын дæ разы? Цы фæуон æз? Хæрын мæ хæс!» Йæхи ныццавта хæфсыл сау сынт æмæ йæ пъазбынмæ — хæсгæ, æмæ йæ пъазбыны — хæргæ. Хуыцау дæр мигъаууонæй разынд, æдзæмæй а дунемæ каст, йæхицæн загъта: алчи дæр уæ — раст. 11.01.92 * * * (Маринæ Цветаевайы мотив; Бастад, бафæллад Хуыцау, уый йæ куыст, уæззау, уæззау: Уым бæрзæндты, уым, бæрзæндты уый фæлдыста, кодта зæдты.
Сты фæрныг йæ зонд, йæ къух. Загъта: мацæмæй уой цух. Загъта, гъемæ сын уæлæрвты рухсæй сис-базыртæ уæфта. Оу, фæкæуинаг мæ сæр, оу, мæ ныфс, мæ ныфс куы сæтты: æз Хуыцауæн йе сконд зæдты бауарзтон йæхииæй дæо ФылдæО; 14.10.92 ИКАРЫ ДЕНДЖЫЗ (Якопо Саннадзаройæ) Æдзардæй бабын ацы ран Икар, йæ базыртæ æрвгъуыз уылæнтæн радта. Йæхимæ йæ хуыцæугты дуне сайдта, сыгъдис йæ риуы уды ’фсон æхсар. Сырх æхсидавау арæдывта тар. Йæ мæлæт, о, ныллæг фурды ыссардта, бæрзонд арвмæ фæхæццæ ис йæ кад та æмæ цæуы æнустыл дæр йæ бар. Уый барвад ис йæ æрра зондæй зинтæн: тæхынæй кодта дауджытимæ ерыс. Уый мысынц абон, мысдзысты йæ сом. Лæгдзæргæс, уари!.. Фурд ысси йæ ингæн: йæ сау малы йæ баныгæдта денджыз, ныр ын хæссы тæхгæ-нæргæ йæ ном.
УДХАР Я брошусь в черный день со скал. А. Блок Ис дун-дунетæ н’ астæу, гъымы-тъыматæ — не ’хсæн. Уæддæр... Уæддлф дæ кастæй мæ уд æхсинæг фестдзæн. 0, цавæр дæ, о, чи дæ? Æвирхъау рæсугъд, ацу... Т,æ хъæлæс та мæм сиды. Хæрзуац æви фыдуац у? Кæцæй сиды? Дæлзæххæй. Кæдæм сиды? Уæларвмæ. Цæй, бахиз мæ бæллæхæй, цæй, фесафæд мæ д’ арфæ, Цæй, фесафæд мæ д ’арфæ. ембал кæмæн нæй Иры! Дæ сау цæстытæн с ’арфмæ мæ уд йæхи нывзилы. Фæзындтæ та æрттивгæ,— æрбадти хурыл аууон, хур аныгуылди ниугæ, ^æ сау рухс, о мæ сау бон. 30.04.89 МЕ220 САММШ1 (Лонгфеллойæ) Йæ растæмбис уал батыдтон мæ цардæн, мæ уалдзæгæй ма баззади фæсал. Мæ фæндырæй цы буц уыдтæн, цы хъал!— бецау, мæсыг нæ самадтон — æнкъард дæн. 1 * Сонеты ном ист у Дантейы «Æрвоп комеди»-йæ, амопы: «æрдæгвæн- дагыл». 128
Мæн аххос нæу. Æввонгхорæй нæ бадтæи, нæ уыдтæн никуы зивæгæн æмбал! — Хъыгтæ, мæстытæ — балбирæгътæ, бал,— мæн бадомдтой, куыдзы зæронд сæ бадæн. Ныр фахсæй коммæ, Ивгъуыдмæ, кæсын: зындон у, царцу, знæт æвдиу дзы — хицау, мæ хъус дзы ахсы сау марой, хъæрзын. Мæ сæрм’æ дæр — бæллæхы ныв, æвирхъау: гæмæх рындзыл (уынын цыма фыдфын) æрцауындзæг Адзалы ’хсæрдзæн цирхъау. 28.02.93 ДЫУУÆИЗÆРАСТÆУ Дыууæизæрастæу дыууæйæ лæууæм: л«е фæндаг фæсасти, нæй дарддæр цæуæн. Нæ утæхсæн сурæм, — фæсурæн ын нæй. Йæ ныгуылæн хурæн,—- ыслæгæрды мæй. Йæ ракæсæн мæйæн,— æрныгуылы хур. Изæртæ — дыууæйæ, дыууæйæ дæр — бур. Рæмудзынæввонгæй нæ дуне ныхъхъус. Ам талынг æвзонг у, ам базæронд Рухс. 9 Мах дуг № 11—12 129
Ам — ауæдз, ам — арæп, æбæрæг —- фынау. Нæ фæндаг нæ арæм, кæм фæдæлдзæх, ау? Дыууæизæрастæу Нæ фæндаг фæцъист. Нæ удты хъæрахстмæ фæзынут: фæдис! Дыууæизæрастæу мæ Ир æмæ æз нæ тыхстæн, нæ мастæн нæ арæм фæрæз. Мæлæттæ дыууæйæ нæ фæрсты лæууынц. Уæларвон бæстæйæ хуыцæуттæ кæсынц. Дæу ИРВÆЗÆН РАСТÆЙ фæлварынц, ирон... Дыууæизæрастæу уыдзæни тæрхон. 15.03.92 ДЗУРЫ ИНГÆНКЪАХÆГ ÆНДЫРИ Зыдтон æй æз нæ рагбонты æрдхордæй, дыууæ ’фсымæрау цардыстæм кæддæр. Ныр ыл цы ’рцыди? Худы мыл бæрзондæй, фæхоны мæ æдылыдзæф, сæлхæр. Уый — хицау, æз — ингæнкъахæг Æндыри - фæлæ йæ зонæд: фидиссаг нæ дæн. Ныууадзæд мæ мæ мæгуырыл, æндæр ын, мæ диныстæн, ыскъахдзынæн ингæн! 20.03.92
АРТИ ПАРНÆЙ Сæнтсау æхсæв. Æдзæм дунетæ. Афтид. Иæй иу ыстъалы. Никуы и сым дæр. Æрхауди базыл адæргæй мæ сæр. Дзыназы зæрдæ, удаист ыл бафтыд, дыз-дыз кæны æрвон тыгъды йæ хъæр: «Мах арыд ыстæм — басыгъта нæ д’ азар, о нс Скæнæг! Фæлæ дæ конд.у лæг. ФÆМÆНГ дын и æмæ йæ скæн ÆЦÆГ». ...Сты афтæ сабыр арвы мæлттæ азæр, цыма дзы бады алкæм дæр хæйрæг. 30.03.93 ТЕМБОЛÆН Балаты Тембол хъазгæмхасæнты йæхи фæ- хоны бирæгъ. Азтæй дыл рацыд æстай — ратыдтай цардæй дæ хай: бирæгъ дæ, бирæгъ, ай-гъай, бирæгъ дæр нæ, фæлæ сгай! 19.10.92 ВИЙОНÆЙ Ацы рæнхъытæ Вийон ныффыста, марыны тæрхон ын куы рахастой, уæд. Франсуа дæн æз, æлгъыст — мæ ном! — у бæндæнмæ мæ фæндаг: мæ къубал базондзæни сом, цæйбæрц ласы мæ фæстаг. 17.12.80 131
МÆ БАЗЫРТÆ Мæ зонгæтæй иу иннæмæн уайдзæфтæ кодта «Рæст- дзинад»-ы: «Хъодзаты Æхсары базыры бын Фысджы- ты цæдисы хъарм бынат æрцахстай...» Мæстæй цы уадзыс пиллæттæ, цъæх арт? Æниу... Æниу гæды ныхас нæ загътай: мæ базыртæ тыхджын ысты, егъау, æрцу ды дæр — сæ быны ис бынат кæмæнфæнды дæр... Ноджы ма сæ хатгай æнæбазырæн авæрын æфстау. 01.93 * * * Йæ кой дæр нал ис а бæсты æгъдауæн: дыууæ сы... мæ дзы иу бандон нæ хауы, фæлæ ма бакæс хицаумæ: Гуыбады æртæ бандоныл иу сы..æй æрбады. 1993 СТЪАЛЫТÆ ’МÆ ХÆЛУАРÆГ «Мæ халдих ысты стъалытæ уындæй, — æппæлыди сæрбæрзондæй хæлуарæг.— Сты исбонджын ыстъалытæ тынтæй, уæдæ мæнæн дæр у мæ тын мæ дарæг. Фæлæ фæхъулон кодта цъус ыстъалыты Хуыцау: ыскодта уыдон урс, мæн — сау». 1990 132
НÆ ЛÆГУЫНХЪУЫР ХЪА ХЪА Нæ лæгуынхъуыр Хъахъа йæ бонæй уа, уастæн: æртæ азы иу хатт хæлын айк æфтауы, æхсæз азы та нын йæ хъуыдатт, йæ уастæй нæ хъустæ «рæвдауы»* 1993 ГАЛ ÆВИ ПОЭТ Кæд гал у йай... Фæцард æмырæй. Нæ уæнды никæмæ сым дæр. Æнхъæлы: цагъта нын фæндырæй. 0, цагъта! Тынг цагъта ... сынæр... 16.02.93
Томайты Мисурхан Æртæ радзырды АДÆЙМАГÆЙ АДÆЙМАДЖЫ ’ХСÆН дæймагæй адæймаджы ’хсæн стыр быдыр- тæ ис, зæгъгæ, уыцы пыхас мæ зæрдыл æрлæууыд, мæ балцæй, мæ фыдæлты ком, Куырттаты комæн куы ’рбаздæхтæи, уæд. Сæрдыгон адæйма- джы бирæ хъуыддæгтæ вæййы, фæлæ иу къуыри мæхи тыхто- нæгау акодтоп хæдзарæй мæ сывæллæттимæ, иугыццыл баулæ- фæм, зæгъгæ, Адæймаг цæры, æмæ йæ царды мидæг цы уыны, кæимæ æмбæлы, уыдон ын æнæмæпг йæ зæрдæйы цыдæр фæд ныууадзынц, хъуыдытыл æй бафтауыпц. Хатыр бакæнæнт мæ бирæ хæстæджытæ ацы комы, фæлæ мæм аив нæ каст искæй батыхсып кæнып æхсæз адæймагæй (немæ ма æд сывæллоп сылгоймаг) æмæ ныи зæрдæ чи бавæрд- та фатерæй, уыдопмæ бадзырдтам. Фæлæ пып пæ зæрдæвæрд бынат кæмæндæр радтой. Мах та æрцыдыстæм, æмæ ма уæдæ ныр цы бакæнæм, зæгъгæ, æпдæрты дуар бахостам. Дыууæ ба- хоетæн пæм пичи ракаст. Уæдмæ галиуырдыгæй чидæр дуа- ры дæгъæл куыд азылдта, уый фехъуыст æмæ дуар байгом... Карджып ус йæ халаты æгъпæджытæ æвæргæ ракаст. Нæ хабар ын бамбарыи кодтоп. — Кæд пу къуырийæ фылдæр пæ уыдзыстут ам, уæд ууыл та цы тыхсут? Мидæмæ рацæут,— загъта ус. Йæ фæстæ куы бахызтыстæм, уæд йæ разы цы дыууæ лæп- пуйы лæууыд, уыдон иуварс рассопæгау кодта. — Мæпæ уып уый агъуыст. Дыууæйæ мæнæ ацы сынтæгыл хуысдзыстут, уæртæ уый та — сывæллонджыиæн. Мæпæ ам та,— ацамыдта, пъолыл цы тæнæг гобап æппæрст уыд, пæ бацыдмæ сывæллæттæ кæуыл хъазыдысты, уымæ,— дæ лæппутæ хуыс- дзысты. Цытæ пæ хъæуы уæдæ, зæгъгæ, æпдæр пицæуылуал батых- стыстæм. 134
Цæмæй уæ хъуамæ стЫхсоп? Горæты мын зопгæтæ кæй уы- дзæи, уый та мын цæй аргъ у,— дзырдта иæ фысым. — Хатыр бакæн. Цы дын бафидып хъæудзæн, уый пып зæгъ, æппындæр æфсæрмы ма бакæн,— мæ зæрдæйы арфы тыхстæн афтæ бафæрсын, мыййаг, нæ æхца куыпæ кома, зæгъгæ. Фæлæ йæ ма бафæрсон, уый дæр мæм аив нæ каст. Цыма, уымæй бафæрсынæй та цы ’фсæрмы кæиыс, зæгъгæ, зæгъипаг уыд йе ’игас æмæ йæ дзуапп цæттæ уыд рагацау, уыйау æвæстиатæй загъта, мæ цæстытæ цæхæртæ кæмæп акалд- той, ахæм аргъ. Тыпг диссаг мæм фæкаст, ау, денджызы был дæр ма куыпæ ныкъкъуырынц ахæм аргъ фатеры иу боп фæцæрæггаг, уæд кæм, кæм, фæлæ мæ фыдæлты комы ахæм пыхас рауайæд! Гъс, уæууæй, гъе! Фæлæ йæм уæлдан ницыуал сдзырдтои æмæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты æпдæр рæстæджытæ, æпдæр адæм, ар- дæм æрбафтгæйæ-иу мæ фыдимæ ну ранæй иппæмæ хуынды куыд цыдыстæм, уый. Иухатт мып мæ фыд комы рæбынмæ бацамыдта: — Уæртæ уый Бакъот хуыйпы. Уым-иу æвзонг лæппуйæ арæх хызтам фос. ’ Сæ ’фæдыл-иу бирæ рахау-бахау фæкодта, фæлæ-пу кæддæ- риддæр фосы коймæ йæ зæрдæйы, йæ пыхасы фæзынд уарзои- дзинад, æмæ-иу уæд дзырдта уæлдай фæлмæпдæр хъæлæсыуа- гæй. Бирæ азты размæ та, згъæркъахджыты хъæу Фыййагдон арæзт дæр куы пæма уыдис, уæд та мып Барзыхъæуы, Гуыриа- ты Аминæты хæдзары кæртæй бацамыдта ардæм. — Уалæ уым, Æхсабийы фæзы, хæдзæрттæ араздзысты æр- зæткъахджытæн. Зын зæгъæи у ныхасæй, мæ бннопты зæрдæты Аминæтмæ цы уарзондзинад баззадис, уый тыххæй. Мæ цæстытыл уайы, чысыл хуылхуылгæпаг доны раз, дæргъæй-дæргъмæ гæдыбæлæ- стæ рæпхъ кæм лæууыпц, уыцы хохаг къæйæ арæзт хæдзар. Фыццаг хатт сæм куы бацыдтæп мæ фыдимæ, уæд мыл фынд- дæс азæй фылдæр нæма цыдпс. Ныр дæр ма мæ зæрдыл лæу- уынц Аминæты фæлмæп ныхæстæ, цыма сæ ныртæккæ дæр хъусгæ кæпын, уыйау. , — Æ’нæ рæвдыдæй мыи цæуы ацы гыццыл чызг. Мæ мард- мæ дæр мын-иу ма ’рбацу.— Нæ фæдыл кæуынхъæлæсæп дзу- рæгау дзырдта Аминæт, æмæ цыма уыцы ныхæстæ ме уæнгты хъардтой, афтæ мæм каст. Иæ зæрдæйы хорздзипад æм уый- бæрц диссаг кæй нæ касти, æмæ йæ къухы цы пæ уыд, ууыл стыр хъыг кæй кодта, ууыл мæ зæрдæ суынгæг, æмæ, мæ цæс- сыгтæ тыххæй уромгæйæ, араст дæн мæ фыдимæ пæхимæ. 135
Уымæй фæстæмæ &з пал федтои Амипæты, фæлæ-иу мæ фыд;алы хосгæрдæп афон дæр цыфæнды æнæвдæлонæй дæр, Аминæтæн хос ракæрдон, зæгъгæ, йæхи февдæлон кодта. Амииæты хæдзары ничи цæры. Иннæ хæдзæрттæй уæлдай уый дæлбыл И’С Дыккаг бон йæ рæзты куы ’рбацæйцыдыстæм, уæд та кæддæрау, æнæнхъæлæджы хуры ’рбакастæй куыд ба- рухс вæййы адæймаджы зæрдæ, афтæ мæ зæрдæмæ бахъардта æнахуыр рухс ацы хæдзары фендæй. Иуæй, хæдзары ных чъырæй цагъд уыд æмæ йæ уый цæрæг- хуыз кодта, ипнæмæй та уыд æдзæрæг, кæрты уæрагæй бæр- зопддæр чи фæцис, уыцы кæрдæджы уындæй. Кæртæн, цалдæр фæйпæджы кæрæдзиуыл хуыд, ахæм дуар, æмæ цыма уый дæр рагæй ничиуал байтыгъта, афтæ зындпс. * * * Цыдæр у фыдæлты зæхх, æвæдза! Æппындæр дзы кæд ни- куы цардтæн, уæддæр мын зынаргъ чи у, уыцы уидæгтæ арды- гæй райдыдтой. Алы дур дæр, алы хох, алы уæлвæз дæр хорз зыдта ам мæ фыд. Фæндæгтæ. Цыма хæхты ставд бæндæнтæй бабастæуыд, уыйау алырдæмты цæуынц фæйнæрдæм: Къорамæ, Гулимæ, Дзуарыхъæумæ, далæ быиæй та — Дзæуджыхъæумæ. Дыууæр- дæм ыл кæныпц машинæтæ. Комы диссаджы уæлдæф адæймаджы уæнгты ипнæрдæм хизы, æнцондæр у йæ улæфт, цыфæнды бæрзондмæ куы хиза, уæддæр. Хохаг лыстæг дидинджыты рæсуг/ьддзинадыл адæймаг дисы бафты. Куыд рæсупьд фидауыиц зæххыл! Куыд диссаг у æрдз! Æмæ ма дæ цы хъæуы, адæймаг? Æргуыбыр-ма кæн æмæ лыстæг æркæс дæ къæхты бынмæ. Бафæнддзæн дæ кæрдæгыл æрбадын, дæхи уæлгоммæ аппарын, æмæ хæхты астæуæй цы цъæх арвы уадздзаг зыны, уымæ кæсын; Фыййагдоны æнусон абухтмæ хъусын. * * * Уый уыд фæндзайæм азты. Уыцы рæстæг кæд уæзласæн машинæйыл бамбæлдаис, æндæр иу ранæй иннæмæ автобустæ нæма цыдис æмæ-иу Куырттаты коммæ цæугæйæ мæ *мад арæх фехъуыста мæ фыдæй «Хъобаиыл бауадтæн», зæгъгæ, æмæ уый ’ , дæр, уыцы ныхас йæ зæрдыл бадаргæйæ, нæ сыхæгты чындз- дзоп чызг æмæ æз йемæ, афтæмæй Хъобаныл ацыдыстæм Куырттаты коммæ. Хъобаны опг бацыдыстæм машинæйы, аф- тæмæй тыхджын къæвда рацыд. Сæрæй къахмæ ныххуылыдз 136
е?æМ, æмæ куыд н& тыхс^апД мæ Мад, сæхæдæг ма, гъа, фæлæ æз, сывæллон, куы фæрынчын уон уыцы хуылыдзæй, зæгъгæ. Фысымыл сæ тыхсып нæ бахъуыд. Немæ машинæйы чи ’ бадт, уыдон, нæ, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, хуыдтой сæхи- мæ. «Уæ уæлæдарæс бахус кæнут, стæй дарддæр цæудзыстут», зæгъгæ, фæлæ сылгоймæгтæй фыццагдæр кæй хæдзармæ ба- хæццæ стæм, уый пæ пикæдæмуал ауагъта. Нæ фысымтæ иып уайтагъд пæ хуылыдз дзаумæттæ раивын’ кодтой, фæлмæн уæттæ нын бакодтой. Уайтагъддæр куыпнæ схъарм уыдаиккам; иуæй — нæ хъарм хъæццултæй, ипиæмæй — нæ фысымты хорз зæрдæйы уагæй. Уалыпмæ пып, цы уаты уыдыстæм, уырдæм æрбахастой ног картæфтæ стыр тæбæгъы. Нæ фысымтæ чи уыдысты, уый абон дæр пæ зонын, бирæ сæм нæ фестæм, фæлæ мæ абои дæр нæ рох кæпынц. Сæ хæдзары сæрмæ уыд рагъ, уырдæм мæ сæ чып- дздзон чызг скодта æмæ дзы дидипджытæ тыдтам. Уыдоп дæр уыдысты, мæнæ ам, Куырттаты комы цы дидипджытæ тыр-тыр .кæиынц дымгæмæ, уыдоны хуызæп. Чидæрнддæр уыдысты, цар- ды хорздзипадæй хайджын уæпт, сæ зæрдæйы хорздзииад уæй ма акæнæпт. Мæпæп та, цæргæбонты мæ цæстытыл уайдзысты сæ диссаджы фæлмæи хъæццултæ, сæ фæлмæн цæстæнгас, сæ хæдзары сæрмæ дидинæгджын уыгæрдæп. * * * Адæймагæн, искуы уæвгæйæ, йæ зæрдæ йæ бипоптæм фех- сайы. 1962 азы ахуыр кодтон Мæскуыйы Горькийы иомыл ли- тературои ипституты. Ме ’ппæт ахуыры рæстæг дæр бинонты зæрдæ мæнмæ æхсайдта, мæ зæрдæ та — уыдонмæ. Мæ зæрдæ пудадзыг дæр тарст телсграммæйæ. Æмæ мæ уæддæр пыййæф- та. Ахуыр фæдæн, паддзахадои фæлварæнтæ радтои, нæхимæ цæуыпмæ мæхп цæттæ кодтон, афтæмæй тсл райстои мæ фыды амарды тыххæй. Алчи дæр уарзы йæ мад æмæ нæ фыды, фæлæ адæймагзм адæймаджы ’хсæп стыр быдыртæ ис, зæгъгæ, куы зæгъын. Мæ фыд уыди æпахуыр адæймаг. Бирæ хатт-иу нæ мад йæ фынæйæ райхъал æмæ иæм-иу рацыд,— Хуыцауы тыххæй, бадгæ ма кæ- нут, зæгъгæ. Ныхас-иу кодтам бирæ цæуылдæрты, рагон æмæ пог хабæрттыл, цардыл. Мæ фыд, кадæггæпæг Томайты Мы- сырбп,'кæм цыдис хохæй-быдырæй, алкæп дæр-иу фæндыд йæ цæгъдтытæм байхъусын, æмæ мæнæ ам, Куырттаты комы уæв- гæнæ, уæлдай арæхдæр æрлæууыпц мæ зæрдыл йæ кадджытæ æмæ йæ зарджытæ. Баиу мын вæййынц, цагъд æмæ ныхас куыд 137
баиу вæййыпц зарæджы, афтæ мæ фыдæлты КоМь! рæсугъддзИ- над æмæ мæ фыд цы кадджытæ кодта, уыдон. О, æмæ мæ фыды зианы кой кодтон. Куы бакастæи тел, уæд мæ сæрæй къахмæ ток цыма ныццавта, уыйау фæдæн. Мæ фарс- мæ мæ хорз зонгæ чызг, авайраг поэтессæ Майсарат мын мæ къухмæ бавнæлдта «цы хабар у», зæгъгæ, æмæ йæм æз æнæ- дзургæйæ гæххæтт радтон. Хабар куы базыдта, уæд уый дæр скуыдта, æмæ мæ уый дæр никуы ферох уыдзæн. Уымæй иу къуыри раздæр ныхас кодтам мæ фыдимæ теле- фопæн æмæ, мæнæ ме ’мбал дæр мемæ ис, зæгъгæ, хæтæл Май- саратмæ авæрдтои. Уыимæ дæр фæныхæстæ кодтой, «Как де- ла, дочка», зæгъгæ, йæ фарста мæ фыд... ÆНАХУЫР ИЗÆР 1 Дзирæт йæ ходыгъды фæстæ акаст уынгмæ, стæй мидæмæ æрбахызт æмæ кæрты дуар ахгæдта. Иæ сæрыл кæлмæрзæн бæргæ баппæрста, фæлæ æнæуи рогæй рауад æмæ уазал йæ фæрсты сыффытт кодта. Сылгоймаджы цæстыты мастæнгæс фæзынд æмæ ма йæ хъу- сты чи зæлыди, йæ ходыгъд Таузаиы, уыцы фарст фæзмæгау сдзырдта: «Сцæттæ кодтай?» Цæвиттон, æртæ бопы размæ ныхас кодтой, Ногбоны кæм абаддзысты иумæ, ууыл. Хадзысмел, Дзирæты сæрыхицау, йæ хотæн цыбырæй загъта: «Махмæ», Ууыл ахицæн ныхас, фæлæ ахæм хъуыддаг æфсин куыпæ фæрæвдз кæна, уæд чи? Лæг та дзуапп радта, æфсин цæмæй рæвдз у, кæнæ йæм фæкæсын хъæуы, уыдæттыл йемæ пæ аныхас кодта, афтæмæй. Æмæ уый адыл Дзирæты зæрдыл бирæ хъуыддæгтæ æрлæууыд, йæ цæр- гæ бонты дзы чи нал ферох уыдзæн, ахæм хабæрттæ. ...Дзирæт чындзы куы цыдис, уæд ын йæ мад æмæ йæ фыд фæдзæхстой: «Нæ чызг, стыр бпноитæм цæуыс æмæ цæрын ба- зоп». «Мæнæ иуæй-иутæ сæ хъама семæ куыд бахæссынц, Хуы- цауыстæн, æз ахæм исты бамбæрстон, зæгъгæ, уæд мæ-иу хъаст ма ракæн!..» «Ходыгъдтимæ «дæу у», «мæп у» — ма бакæн. Цард ахæм ницæйаг хъуыддæгтыл фехæлы, кæрæдзи зæрдæ ракъахынц»,— дзырдтой, кæрæдзи дзыхæй исгæйæ, ныййарджытæ. Дзирæты уыдæттæй фæдзæхсын дæр нæ хъуыд, фæлæ уæд- дæр мад æмæ фыдæн цы ’мбæлд, уый загътой. I Дзирæт хистæр чызг уыд, фæлæ хистæр дæн, зæгъгæ, йæ кæстæр хотæй уæлдай ппцы домдта. Дзаума дардта апв æмæ ауæрдгæйæ. Цы йын уыд, уымæй æрттивгæйæ цыд. 138
Чыпдзæхсæвы фæстæ фæсивæд, Дзирæт æмæ Хадзысмел, йæ хотæ, хъæуæй горæтмæ ссыдысты. Фатер баххуырстой æмæ уым цардысты. Дзирæт-иу йæ куыстæй куы ’рбацыд, уæд-иу хæ- ринаг скодта, бафснайдта-иу, се ’ппæты дзабыртæ дæр-иу ных- садта æмæ-иу сæ рæнхъ-рæнхъ равæрдта. Æрбадынмæ дæр-иу æй не ’вдæлдис æмæ йæм-иу диссаг каст йæ ходыгъдты æвдæ- лон бадт сынтæгыл. Йе ’рыгон хъарутæ ма уæд йæхимæ уыды- сты æмæ куыстытæм зивæг пæ кодта, фæлæ-иу уыдоныл дис кодта: «Æнцад бадынæй тыхсгæ дæр нæ кæпынц æви? Æвæц- цæгæн, сæ мадæн дæр афтæ не ’ххуыс кодтой.— Нæ мад, дам- иу, голлаг йе ’ккой бавæрдта æмæ, дам-иу æй куыроймæ ахаста. Уæд, гормои, уыцы голлаг, цал стут, уал дихы акæиут æмæ нæ бæсты хъазгæ-худгæйæ ауайут»... Дзирæтæн иу боп, кæимæ куыста, уыцы сылгоймæгтæй иу бауайдзæф кодта: — Кæд дын бирæ дзаумæттæ нæ уыд, уæддæр чызгæй тынг аивæй цыдтæ. Ныр та уыцы иу дарæсы цæуын райдыдтай. Æвæццæгæн зæгъыс, чындзы ацыдтæн æмæ ма мыи цы уæл- дай у, и? Цы йып загътаид Дзирæт? Куыд ын загътаид, йæ дзаума иумæйаг скодта, уый? Йæ бинонты кой куыд’ ракодтаид искæ- мæн, кæд æм сылгонмаг хорз зæрдæ дардта, уæддæр, фæлæ йæ уый æнæ зæгъгæйæ дæр æмбæрста. 2 Дзирæтæн искуы исчи йæ сывæллоны авдæп аузта уый нæ хъуыды кæны. Кæм-иу архайдта, уым-иу æй йæ куыстмæ хæс- тæг æрæвæрдта æмæ-иу къахæй авдæн узта, къухтæй та йæ куыстытæ кодта. Дыккаг сывæллон ын куы фæци, уæд-иу уый та хистæры бар бакодта. Авдæны тигъыл-иу ныххæцыд йæ гыц- цыл къухтæй æмæ йæ афтæмæй узта, йæхæдæг дæр йæ иу къа- хæй иппæмæ реуа кодта,' афтæмæй. Дзых-иу бахæлиу кодта æмæ-иу авдæны гуыртт-гуыртмæ зарыд: «А-а-а-а-а-а». Фæлæ йын сывæллоп не ’ицайы, зæгъгæ, уæд-иу йæхæдæг дæр кæуын райдыдта... 3 , Дæс азы размæ, Дзирæты чындзæхсæвы бон, чындзхæсджы- тæ куы ’рбацыдысты, уæд йæ мадыфсымæры ус йæ хъус дардта, Таузан сæ кæцы у, уымæ. Цæвиттон, Таузап кæй хуыдтой, уый ныхæстæ йæ хъусыл æрцыдысты: «Кæд не ’фсымæры хъæуы, уæд æй æрхæссæд, мах ницæмæп хъæуы». Ацы ныхæстæ кæмæ 139
кодта Таузаи, уыдопы ус-иу афтæ бакодта: «Тæхуды, мæ хæ- дзарæй Дзирæгы хуызæн чыпдз куы ракæснд æмæ мæ куы ницы уаид»,— афтæмæй Таузанæй ахæм иыхæстæ куы фехъуыста, уæд загъта: «ДзирæТы чи нæ бауарза, уыдоимæ хуыздæр пал •æрцæудзæп». Уый адыл пæ хъаст Дзирæты мадыфсымæры усæн ракодта. Уымæн йæ маст соптæй иæ рафыхт. Цас хъыг ын уы- дис, уый æрмæст йæ ныхæстыл фæзынд; — Уæдæ ма сæ цымæ цавæр хъæуы? Уæдæмæ хорз алчидæр йæхимæ гæсгæ æмбары. Таузап сæ кæцы у, уый куыпæ базыдта, уæд Дзирæтмæ сы- хæгты уатмæ бацыд. — Таузан та сæ кæцы у? Таузан хъазты уыд, фæлæ йып æй Дзирæт хуызæп баца- мыдта æмæ ус йæ сыхаджы ныхæстæ Дзирæтæп рафæзмыдта. Таузапы базонын æй цæмæн фæпдыд, уый йын загъта. Усмæ афтæ фæкаст, цыма йæхицæй мастдщр никæмæн сты уыцы пыхæстæ æмæ сыл чызг куыд смæсты, уый иæ бамбæр- ста. ~Уыцы минутæй Дзирæтæп йæ чындзæхсæвы бон емынæ фес- тадис. Йæ размæ йын сынтæгыл цы разгæмттæ æрæвæрдтой итувæрдæй, уыдоны уынд дæр ын æхсызгон нал уыд. Кæрты даргъ фынгтыл бадтысты адæм æмæ сидтытæ уагъ- той. Зæрæдты ныхæстæ йæм рæвдыдау кастысты, фæлæ йæм уæд нал хъардтой. «Ныртæккæ мæ фыдмæ арвитдзынæн æма? ацы хъуыддаг куыд фехала, афтæ!» — фыццагдæр уыцы фæнд фæзынд Дзирæты сæры. Рудзынгæмбæрзæны аууонæй кæртмæ акаст æмæ адæмы астæу йæ фыды ауыдта. Йæ цæсгом уыд æпкъардхуыз. Цыфæи- ды тыхстæй дæр-.иу зæрдæвæрæн ныхæстæ зыдта, фæлæ уæд, цыма йæ чызгыл кæй æрæикъард, уымæй искæй зæрдæфæхуды- нæй пæ тарст, уыйау йæ зæрдæйы мидæг цы цыд, уый не ’мбæх- ста. Уый феигæнæ Дзирæт бамбæрста, цы маст скæндзæн йæ фыдæн, уый, æмæ уæд æндæр хъуыды равзæрд йæ сæры: «Мæ фыдæн ахæм маст скæныиы бæсты, фæлтау цы уинаг уоп, уый бауон»... Дзирæтæн йæ цард гыццылгай йæ цæстытыл ауад, æмæ йæ цæсгомыл мастæпгæс фæзынд. Цы бавзæрста, фæразопы цæс- тæй цæмæ каст, фæлæ рох кæныи чи нал бакомдзæн, уыцы ха- бæрттæ та ногæй йæ цæстытыл ауадысты æмæ цыма мæйрухс æхсæв уазал ирдгæ дæр хаста, афтæ йæм фæкаст, мæйы æв- зист хуызмæ кæсгæйæ. 140
ДÆ ЦÆСТ МЫН ÆРТТИВЫ Афæхъо фæстаг рæстæг бирæ хъуыды кодта йæ чызг Заре- тæйы хъысмæтыл. Уæлæмæ йæ хъуыды хæрз стæм дзырдта, фæлæ чызг уым, хохы, баззайа æви дарддæр ахуырмæ ацæуа горæтмæ, ууыл уыд иудадзыгдæр йæ хъуыды. Иæхионтæй дæр кæмæпдæрты загъта йæ хъуыды, фæлæ-иу, æвæдза, йæ биной- наг исты сдзырдта уыцы хъуыддаджы фæдыл, уæд-иу æм ахæм цæстæй бакаст æмæ-иу уый дзурын дæр пал бафæндыд. Уæд-иу йæ зæрдыл æрбалæууыд, хæххои адæмæн сæ удыконд ахæм кæй у, уый — зынаргъдæр сын цы вæййы, ууыл уæлдай ныхас кæ- нын нæ уарзынц. Ус-иу былтæ цæфау фæцис йæ лæджы ахæм æнгасæй æмæ- иу ын цы дзуапп радта, уый нал зыдта. Лæджы цæстæнгас та бæлвырд дзырдта ныхасæй дзурæгау: «Ды йæ мад дæ æмæ дæ чызгæн цы кæныс, уын кæн». Фæлæ уыцы цæстæнгасæн бам- барæн уыд æндæр хуызы дæр: «Уый дып æнæуи кæнын ахæм буц ныхæстæ, фæлæ ма дзы уæдæ æрмæст чызг рауайын кæн. Мæ чызг мæнæн чызджы бæсты дæр у æмæ лæппуйы бæсты дæр». Æмæ уый хорз зыдта мад йæхæдæг дæр. Сæ чызг йæ тæнтъихæг уæхсчытыл уæзæн хаста, хæдзары цы куыстытæ ис, уыдопæп сæ фылдæр хай. Хосгæрдæнты-иу йæ фыды фарсмæ куы ’рбалæууыд æмæ-иу уайтагъд стыр тъæпæн куы ныккар- стой иумæ, уæд цыма диссагæй ницы бакуыста, афтæ зындис, йæ февнæлд куысты рæстæг нæ зынд, фæлæ-иу æвæдза, цæмæ- дæр гæсгæ, искуы афæстиат, уæд-иу уайтагъддæр куыстыл фæ- бæрæг, йæ фыды цæпгты уæзбын айст-иу разынд. Афæхъо ардæм, йæ фыдæлты коммæ, быдырæй раджы æр- баивта æмæ хæдзар саразыпвæпд скодта.- Уыд ын куыстуарзаг бинойпаг æмæ гыццыл æнæптыст чызг. Хæдзар саразыпæн йе ’хца гыццыл уыдысты, æмæ уал, кæм сыл нæ уарыдаид, ахæм балæууæп сарæзта. Ус йемæ куыста, чызг та цумайæн бæззыд æмæ-иу æй куы цæмæ арвыстой, куы— цæмæ; йæ фæдыл-иу сæ къæбыла Гибыц дæр сцырын кæрты иу кæронæй иннæмæ уагъд телыл. Хæдзар арæзт куы фæцис, уæд дæр Гибыц баззад уыцы бы- наты. Уæдмæ базæронд æмæ цыдæр уæзбыи хуызæй, æмбаргæ цæстæнгасимæ каст, йæ рæзты чи цыд дыууæрдæм, уыдонмæ. Уалынмæ иу боп Афæхъо æрбахаста къæбыла-Милайы, уæдæ ма Гибыц цас цæрдзæп, зæгъгæ. Фæлæ Гибыц зæронд кæй ба- цис, æнæ рæйгæ уый тыххæй нæ уыд, йæ алыварс кæй уыдта, уыдонæй пып æиæзонгæ иичи уыдис æмæ дзæгъæл рæйд иæ кодта, фæлæ-иу уый хардз Мила бæстæ рæйд скодта; йæхицæп бузпыгæй-иу ратæх-батæх систа. 14)
Хæдзар куы арæзтой, уæдæй фæстæмæ сахуыр Заретæ уæп- доп уæвыи. Æнафонтæм-иу иунæгæй баззад, бинонтæ-иу хос- гæрдæпты дард куы куыстой, уæд. Æниу æм йæ фыд æхсæвы- гон сдзырдта,— ауай ма чызг, бæх кæм ис, уый феи, зæгъгæ, уæд дæр ыл-иу цæст нал фæхæцыдаид. Талынджы-иу йæ къах дæр не скъуырдтаид, афтæмæй-иу фæстæмæ уайтагъд бæхыл бадгæйæ æрхæццæ ис хæдзармæ. Иу æхсæв та йæм йæ фыд сдзырдта: — Марадз-ма, чызг, акæс-ма, бæх цæуыл хуыррыттытæ кæ- ны! Чызг йæхи кæлмæрзæпы æрбатыхта æмæ феддæдуар ис. Хæдзарæй иудзæвгар ауайын хъуыдис, уым баст уыд бæх даргъ бæндæныл. Дæллозæй цыд доны фæдисон хъæр. ЧьГзг иуцасдæр куы ауадис, уæд æм фехъуыстысты бæхы хуыррыттытæ. — Йоскæ, цы кæныс? Йоскæ! — Бæх йæ сæр чызджы арм- мæ æруагъта. Заретæ йын йæ сæр асæрфта, афтæмæй йæ алы- варс ахъахъæдта. Мæйдар æхсæвы йæм ницы зындис, фæлæ дæрддзæфæй йæ хъустыл ауад, йæ раззаг къæхтæ баст кæмæн уыдысты, ахæм бæхы æвæндон гæпп, æфсæйнæгты дзыгъал- мыгъул, æмæ чызг бамбæрста, Йоскæ цæуыл хуыррыттытæ кодта, йæ зæрдæ кæдæм ахсайдта, уый. * * * Иу боп Афæхъо æд галуæрдон былæй фæцæйхаудта. Лæг ма иуварс галтыл бæргæ ахæцыд, фæлæ йæхæдæг фæцудыдта æмæ, Заретæ йæ разы нæ фæцис, зæгъгæ, уæд асхъиудтаид. Кæддæры тыхджынтæ арæзт адæймагыл — йæ фыдыл — рогæн куы фæхæцыд, уæд чызгæн иуæй æхсызгон уыд, фыдбылызæй йæ кæй бахызта, ахауын æй кæй нæ бауагъта, уый, иннæмæй та йыи зыи уыдис, йæ фыд куыд тынг базæронд, хъару йæм кæй нал ис, уый æмæ фенкъард. Йæ фыдау чызг дæр тагъд нæ кодта йæ хъуыдытæ дзуры- ныл æмæ йæ кæд исты зæгъын фæндыд, йæ фыды æпæхъарудзи- над ын куыд зын уыд, уый фæдыл, уæддæр уæлæмæ ницы сфæ- рæзта зæгъын, афтæмæй æнæдзургæйæ галты сæрбос райста æмæ сыл ахæцыд. Галтæн тагъд цæуын сæ бон нæ уыд æмæ, сæ сæртæ зæхмæ æруадзгæйæ, сыпдæг цыдысты. Заретæйы цæстытыл уæлдай тыпгдæр уадысты, хæхбæсты цæрын сын куыд зып уыдзæи амæй фæстæмæ, уыцы æфсæнттæ æмæ тыхст. Цыма йæ исчи ныронджы цардæй хицæн кодта, кæм схъомыл, уыцы хæхбæстæй, бипонтæй, афтæ йæм каст. 142
Фыд ницы дзырдта. Йæ дыууæ уæны бын лæдзæг ауагъта æмæ йын йæ кæрæттыл хæцгæйæ, цыд уæзбыи къахдзæфæй, хъуыдытæ кæнгæ. Афтæ зынд, цыма йе ’взонг чызджы сæры цы хъуыдытæ зилдух кодтой, уыдонмæ ницы бар дардтой фыды хъуыдытæ. * * * Къуырийы фæстæ, иу изæр бинонтæ æхсæвæр куы бахорд- той, уæд Афæхъо загъта: — Чызг, байхъус ма.— Заретæ ныууагъта йæ тæбæгътæ æх- сын.— Далæ, мæ хур, ацу горæтмæ æмæ дарддæр сахуыр кæн. Фысыммæ ме ’фсымæрмæ уыдзынæ. Дæхи зон. Фыд уæлдай буц ныхæстæ кæнын нæ зыдта, фæлæ йын зын уыд йæ чызгимæ хицæн кæнын æмæ та иогæй, хос куыд ластой, уый йæ цæстытыл ауад, æмæ ацы хатт ноджы фидардæрæй загъта: — Мах дæр исты амæлттæ кæндзыстæм. Дæхи зон, мæ хур... о
Сфæлдыстадон бынтæ Дзагурты Губади ИРОН ИСТОРИОН-ФИЛОЛОГОН ÆХСÆНАДЫ ТЫХХÆЙ (1918—1925 азтæ) 1 Ирон историон-филологон æхсæнад саразыны фæнд æппæты фыццаг мæнæй рацыди. 1918 азы январы газст «Хæххон цард»-ы ныммыхуыр кодтон мæ уац «0 своевременности образования «Общества любителей осетинской иародной словеспости» æмæ «Проект «Устава Общества любителей осетин- ской словестности» (кæс газет «Горская жизнь» №№ 15, 68, стæй 1918 азы 23 æмæ 27 январы номыртæ). Мæ фæндыл ныхас кæнгæйæ сæрмагонд æмбырды уæнгтæ сразы сты, ахæм æхсæнад æнæмæнг аразгæ кæй у æмæ йын йæ уагæвæрд сфидар кæ- нын кæп хъæуы, ууыл. Æхсæнады уагæвæрдыл бæстондæр- бакусын бахæс кодтой Æлборты Барисæн. Ног уагæвæрд уыди, Харьков, Петроград æмæ æндæр рæтгы цы университеттæ уыд, уыдоны наукон æхсæнадты уагæвæрд- ты æнгæс æмæ сæ зæрдæмæ фæцыд. Æхсæнадæн йæ ном та схуыдтой «Ирон историон-филологон æхсæнад». Æхсæнадфæкуыста æхсæз азмæ ’ввахс. 1918 азы æмбисæй 1920 азы 1 ап- рельмæ куыста ахуыргæнджыты æмхæццæ семинары агъуысты. Уый та арæзт æрцыди 1918 азы 1 июлы Ирон ахуыргæнджыты дыууæкъласон скъолайы бындурыл (раздæры Ироп сылгоймæгты приюты). 1920 азы 1 апрелæй 1925 азы апрельмæ Ирои историон-филологон æхсæнад куыста Цæгат Ирыстоны адæмон ахуырады Хайады дæлбазыр. 1925 азы æз куыстон Адæмои ахуы- рады комитеты сæргълæууæгæй æмæ Цæгат Ирыстоны зылды æххæсткомы нрезндиуммæ фæндон бахастон, цæмæй Ирон историон-филологон æхсæнады бындурыл арæзт æрцæуа Бæстæзонæн наукон-иртасæг институт. Мемæ сра- зы сты, æмæ уыцы аз апрелы байгом ахæм институт. Фæстæдæр та йæ схуыдтам Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг инстйтут. Ирои историон-филологои æхсæнад иæхи фæидопæй арæзт уыд, уырыс- саг рсполюцииы размæ нæ нæ саразыиы тыххæй бар курып никæмæй бахъ- 144
уыдн, регистраци йæ скæиут, зæгъгæ, дæр нæ ничи домдта. Фæлæ 1919 азы Ирыстон Бархи æфсады къухмæ куы бахауди, уæд махæй, æхсæнад сараз- джытæй, бадомдтой Уагæвæрд срегистрацп кæнын. Уагæвæрд регистраци кæй æрцыд, уый нын закъонæй сфидар кодта Дзæуджыхъæуы зылды тæр- хондон 1919 азы 5 октябры. Æхсæнад, уæлдæр ма йæ куы загътон, кусын райдыдта 1919 азы 25 апрелæй, йæ уагæвæрдмæ йын ирон ахуыргæнджыты семинары педагогон совет куы ’ркаст, уæдæй фæстæмæ. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, Ироп историон-филологон æхсæиад УСФСР- йы адæмон ахуырады наукæты Сæйраг Уынаффæдоны бæриы кæй уыд. Ре- гистраци æрцыд, куыд наукон æхсæнад 1922 азы 20 ноябры, йæ регистрацийы номыр 2323. Уагæвæрд сæм арвыстам æртæ экземплярæй. Фæстæдæр нын æххуысы хуызы сæрвыстой 6700 сомы 1923 азы уагъд æхцагæй. Æхсæнадæн разамонджытæ уыдысты ахуыргæндтæ, раздæры ахуыргæн- джытæ æмæ Дзæуджыхъæуы парткомы кусджытæ. Правленийы уæнгтæ сæ куыстæи æхца нæ истой, нууылдæр куыстой лæвар. Ироп историон-фнлологон æхсæнады уæнгтæ уыдысты, пæ интеллигсн- цийæ суанг 1905 азы революцийы чи бахсыст, ахæм зындгонд лæгтæ: Мам- сыраты С, Таболты П., Джыккайты И., Зæнджиаты X., Зæгæлаты В., Дзы- лыхты Г., Æбаты Ш., Тауытты X., Годзойты К. æмæ бирæ æндæртæ. Ирон историон-филологон æхсæнады æмрæнхъ ирон демократон ахуыргæнджытæ сарæзтой Цæгат Ирыстоны Училищеты совет, (фæкуыста 1917 азы августæй 1920 азы апрельмæ). Ирон ахуыргæиджыты семинар саразыны тыххæй дек- рет ныффыстон æз, йæ къух та дзы бавæрдта Терчы Адæмон Республикæйы Совнаркомы сæрдар Ной Буачидзе (байгом 1918 азы 1 июны). Æртæ оргаипзацийы дæр фæахъаз сты ирон культурæйы рæзтæи, дзыл- лæты рухсмæ ракæиын æмæ кæрæдзимæ æрбангом кæныны хъуыддаджы. Сæрмагондæй зæгъыи хъæуы, иу адæймаджы культы рæстæг Ирои исюрион- филологон æхсæнадыл æнаххосæй цъыфкалæнтæ кæй фæчынди, уый тыххæй. Мыхуыры ныл нал ауæрстой — схуыдтоп нæ националистты, шпионты æхсæ- над. Æхсæнады правленийы сæрдар уыд Æлборты Барис, ахуыргонд секре- тарь та — æз- Нæ иумæнаг æмæ Правленийы æмбырды æппæт суагъæтæ дæр фыст уыдысты мæ къухæн. Æхсæнады хыгъды гæххæттытæ мыхуыр сты «Ирон бæстæзонæп наукон- иртасæг институты хабæртты» (кæс «Хабæртты» 1925 азы рауагъды 400— 459 фæрстæ). Ирон историон-филологон æхсæнады æнгæстæ арæзт æрцыд алы нацитæм дæр. 1925 азæй фæстæмæ сырæзыдысты нацпои наукои-иртасæг институтты ’онг. 1925 азы июны Ростовы Цæгат Кавказы хæххоп адæмты культурæ æмæ ахуырады фарстытыл æрдзурыны тыххæй сарæзтой дыккаг конфереици. Цæ- гат Кавказы ÆК(б)П-йы крайком мыи бахæс кодта уым сæрмпгонд дрклад скæнын. Национ культурæпы тыххæй дзы раныхас кодта Цæгат Кавказы ÆК(б)П-йы крайкомы секретарь А. Микояп. Коиференцийы уыдысты ÆК(б)П-йы агитаци æмæ пропагандæйы хайады Цæгат Кавказы райкомы 10 Мах дуг № 11—12 145
агитпропы сæргълæууæг Николай Гикало (кæс мæ доклад «Краеведение и его задачи среди горских народностей Сев. Кавказа», рацыди ЦИНИИ-йы «Хабæртты», Дзæуджыхъæу, 1926). Ирон историон-филологон æхсæпады æмбырдтæ æдзухдæр уыдысты иу- мæйаг, кæй фæндыд, уый сæм цыди. Раздæр-иу газетмæ хъусынгæнинаг радтам, æмбырд кæд уыдзæн æмæ дзы цæуыл ныхас кæндзыстæм, уый тых- хæй. Æхсæнады куысты тыххæй дзуаппон докладтæ-иу арæх мыхуыр æр- цыдысты бынæттон газетгы. Ирои историон-филологон æхсæиад кæй ис æмæ наукон куыст кæй кæ- ны, уый крайы æппæт советон æмæ партион организацитæ, куыстуæттæ дæр зыдтой æмæ нын кодтой хорз аргъ. Зæгъын хъæуы, Цæгат Кавказы хæххон адæмты æхсæн ирон наукон æх- сæнад иннæгы разæй кæп равзæрд. Кусын йæ бон уыди, паддзахы йæ бы- натæй куы раппæрстой, адæмтæн æмхуызон бартæ куы радтой, æрмæст уыцы рæстæг. Нæ размæ уыд иунæг хæс: фæллойгæнæг адæмы фæндтæ æнæзæрдæ- худтæй æххæст кæнын, нæхæдæг дæр фæллойгæнæг адæмæй рацæугæ кæн уыдыстæм, уымæ гæсгæ сын лæггад кодтам. Раст зæгъын хъæуы, иæ куысты уыди къуылымпытæ, аиппытæ, суанг рæдыдтæ дæр, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы уæды царды зыитæ, цæлхдуртæ. Сæйраг у, æхсæнады цы ми гæнæг дæ, цы пайда йын хæссыс, уый. Ахæм цæстæй кæсын хъæуы Ирон историон- филологон æхсæнады куыстмæ дæр, аргъ кæнын дæр ын наукон æгъдауæй хъæуы æмæ йыл хъуамæ худииаджы гакк æвæрын мачи уæнда, иу адæйма- джы культы рæстæг куыд уыдис, афтæ. II Ирон историон-филологон æхсæнады шпионтæ кусы, зæгъгæ, мах аххос- джын кодтой, 20-æм азты Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Бекир- Сами-беимæ фембæлд кæй сарæзтам, уый тыххæй. Уыцы рæстæг Турк æмæ Советон Уæрæсейы æхсæн хæлардзинады бадзырд уыдн. Бекир-Сами-бей уыди Мæскуыйы Советон Хицауадимæ баныхас кæныны фæдыл. Йæ фыдæл- тæ уыдысты ироп, 1865 азы хæххон адæмты Туркмæ алидзыныл чи сразы кодта, уыцы инæлар Куындыхаты Муссæйы фырт уыдис. 1925 азы æз уыцы хабæртты тыххæй сусæг æрмæг хицæн чиныгæй рауагътон Ростовы чиныгуадзæн «Севкавкнига»-йы ахæм номимæ: «Пере- селение горцев в Турцию». Бекнр-Сами-беи Мæскуыйæ Туркмæ куы здæхт, уæд Советоп Хицауадæй ракуырдта, цæмæй йын йæ бæстæм ацæуыны бар радтой, бафæндыд æй, йæ иыййарджытæ цы зæххыл райгуырдысты, уымæн йæ сæрæй акувын. Мæс- куыйы хицауад ын ахæм бар радта. Фæлæ Ирыстоны партион-советои хи- цæуттæ Мамсыраты Саханджерн, Таболты Петка, Æфсæрæгаты Марк æмæ иннæты пæ бафæндыд, официалон фембæлд ын саразой, уый. Уынаффæ ра- хастой, цæмæй фембæлд арæзт æрцæуа Ирон историон-филологон æхсæна- ды. Æхсæнады сæрдар Æлборты Барисæп бамбарып кодтой хъуыддаг, ба- 146
фæдзæхстой йын арфæйы ныхас зæгъын дæр. Сарæзтам иумæйаг гом æм- бырд Адæмои ахуырады агъуысты (Лорис Меликовы уынджы 30 хæдзары бинаг уæладзыг, ныры Ленины уынджы 32 хæдзары). Æмбырдмæ æрбахуыд- той Бекир-Сами-бейы Хъаныхъуаты И. æмæ Дудараты А. руаджы, раздæр тæгиатаг æлдæрттæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Æлборты Барис арфæйы ныхас ракодта иронау. Бекир-Сами-бей дæр бузныг загъта æмæ арфæ ра- кодта адæмæн. Иронау афтæ сыгъдæг дзырдта æмæ йæм бахæлæг кæнæн уыд, стæй дзуаппытæ радта, æмбырды уæвджытæ йæм цы фарстытæ лæ- вæрдтой, уыдоиæн. Лæмбынæг фæдзырдта Турчы цæрæг ирæттæн се ’взаг, се ’гъдæутты тыххæй. Фыццаг хатт поэт Мамсыраты Темырболаты кой дæр уый ракодта, фыста дам иронау, йæ фæстæ дйм баззади бирæ къухфыстытæ. Йæ хо дам цæры Трапезунды æмæ уымæ сты. Тынг фидарæй загъта: зарæг «0 иæ хæхтæ, нæ бæсты» дæр ныффыста Мамсыраты Темырболат, В. Ф. Миллер куыд æнхъæл у, мæ фыд Муссæ йæ иыффыста, зæгъгæ, уый дам раст нæу. Мæ фыдæй дам мæм баззади боныг, уым лæмбынæг фыст сгы, йæ адæмы Туркмæ алидзыныл цæмæн сразы кодта æмæ йæхæдæг дæр йæ Фыды- бæстæйæ æнæхай цæмæн фæцнс, уыдæттæ. Бекир-Сами-бей ацы æрмæг æр- барвитииаг уыди Туркæй. Ныр та дам уал уын ратдзынæн Темырболаты æм- дзæвгæтæй цалдæры къопитæ. Зæрдæ кæмæй æвæрдта, уыдопæй иу дæр нæ райстам. Куыд загътон, афтæмæй Æлборты Барис уыд Æхсæнады сæрдар, æз та йæ секретарь æмæ нæ дыууæйæн бахæс кодтой Темырболаты æмдзæвгæты къопитæ сисын. Мах дыууæйæ ацыдыстæм Бекир-Сами-бейы фысымуатмæ, уæдæ кæд нæ къухы бафтиккой æмдзæвгæты къопитæ, фæлæ нын дзы цал- дæр бакастысты, æндæр сæ махыл нæ баууæндыд. Чысыл рæстæджы фæстæ къопийæ къопи рафыста Хъаныхъуаты Иналыхъ æмæ сæ радта Æлборты Барисмæ. Уыцы æмдзæвгæтæм гæсгæ фæзындысты Æлборты Барнс æмæ Гæдиаты Цомахъы куыстытæ фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболаты тыххæй. Нæдæр мæнæн, нæдæр Æлборты Барисæн æндæр фембæлдтытæ нæ уыди Бекир-Сами-бенмæ. Нæ цыды сæр уыди Темырболаты æмдзæвгæты къухфыстытæ æмæ Куындыхаты Муссæйы боныг ракурын. Уæд нæ къухы нæ бафтыдысты, абон дæр сæ ничима райста, кæд сын историон нысаниуæг ис, уæддæр. Фæсарæйнаг хъуыддæгты адæмон комиссар Чичерин, Тифлисы сын ÆЦÆК-ы уæнгтимæ цы фембæлд уыди, уырдыгæй Беслæныхъæумæ куы ’рбаздæхт, уæд митинджы радзырдта, Бекир-Сами-бей дам Мæскуыйы ра- хъаст кодта Ирыстоны хицауадæй, мæ хæстæджытæм дам мын æвзæр цæс- тæй кæсынц. Бекир-Сами-бей мадырдыгæй уыди дыгурои бадилатæ Хъуы- бадты хæрæфырт, уыцы мыггаг та, куыд зонæм, афтæмæй тард æрцыдысты Дыгурæй. Бекир-Сами-бей архайдта Кемаль-пашайы (Ататюркы) ныхмæ сусæгвæн- ды, æрцахстой йæ, тæрхон ын скодтой, стæй йæ сауыгътой. Ахсты размæ, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ма куы уыд, уæд йæхи равдыста Советон Уæрæсейы цыфыддæр знагæн. Ирыстоиы советоп-партион хицауад, уæлдайдæр 10* 147
та Æфсæрæгты 'Марк, алы æфсæнттæй Бекир-Сами-бейæи бар нæ радтой йæ фыды райгуырæн хъæу Хъобангом бабæрæг кæпынæи, æмæ, кæй зæгъыи æй хъæуы, Ирыстопы Советон Хицауадмæ фæхæрам. Чичерин ма загъта, Бскир-Сами-беи дам Мæскуыйы Советон Хицауадæй куырдта, йæ хæстæ- джыты йын Туркмæ куыд ауадзой, фæлæ йын ууыл дæр не сразы сты. Гъе ахæм уыди партион-советон разамонджыты бардзырдæй арæзт, сæ- хæдæг дæр кæм уыдысты, уыцы иумæйаг æнæофициалон æмбырд. Иу адæй- маджы культы рæстæг кæмæпдæрты æфсон фæци, цæмæй мæн æмæ Æлбор- ты Барисы схоной туркаг шпионтæ, кæнæ та фæсарæйнаг агенттæ. Ирон историон-филологон æхсæнады уыцы иумæйаг æмбырды суагъæйы фыст уыд æмбырды уæвджыты номхыгъд, афтæмæй æфспайд у ииституты архивы. Уыцы номхыгъды иунæг шпион дæр æмæ фæсарæйнаг агент дæр ннчи ссардзæни. Дзырд дæр ыл нæй, æз дæр æмæ Барис дæр æлгъаг æмæ цъаммар дам-думгæнджыты ахæсты кæй бахаудтам. Куыидыхаты Муссæмæ цы цæстæй кæсын, уый мæ чиныгæй бæрæг у, уæлдæр ма йæ ской кодтон. Муссæ уыди дыууæрдæм агент — уырысы пад- дзах æмæ туркаг султанæн. Терчы зылды цæрæг хæххон мæгуыр адæмы фылдæр хай Туркмæ лидзыныл кæй сразы кодта йæ агенттимæ, уый стыр фыдгæид уыди. Бæргæ, йæ боныг æмæ Мамсыраты Темырболаты сфæлды- стад нæ къухы куы бафтыдаиккой! III Æрæджы мыхуырæй рацыди цавæрдæр Борис Шелеповы уацау «Их бы- ло трое» (Северо-Осетинское книжное издательство, Орджоникидзе, 1962 г.). Уыцы уацауы, кæд æй афтæ схонæн ис, уæд, 52 фарсыл ирайнаг шпион Дзæуджыхъæуы, ома Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты, фьшджы уæлхъус нуазæн бæрзонд систа «Владикавказы филологон æхсæнад» дидинæг калæд, нæ дард, фæлæ хæстæг æмбæлттæ уыцы æхсæнады уæнгтæ — ме ’мзæххонтæ, Эльбрусы хохы бын цæрджытæ... Йæ улæфт фæурæдта æмæ загъта: «Господа, зæрдæйæн цы æхцон у: Тегераиы æмбисонды Эльбурс æмæ, фæуæлахиз уæвæн кæуыл пæп, уыцы Кавказы Эльбрусы тавы иу стъалы, цæры дзы æмдин адæмтæ, æрттивы сæм тан юлдуз — иу диныл хæст адæмты сæууон стъалы. Æмхуызонæй йын нымдзæгъд кодтой æмæ, дингæнæджы коцораджын тымбыл худ кæуыл уыд, уый сыкъа йæ тæккæ бынæй равдæлон кодта». Ацыныхæстæи Шелепов ахæм фиппаинаг скодта: «Дзæуджыхъæуы фи- лологон æхсæнад». Уыцы æхсæнадмæ баирвæзтысты знæгтæ—алыхуызон буржуазон националисттæ, Цæгат Кавказ Туркимæ баиу кæиæм дины фæр- цы, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, ахæм уæйгæнджытæ. Куыдфæстæмæ уыцы уæйгæиджытæ æхсæнадæй тард æрцыдысты». Автор æмтгæй аххосджын кæны Ирон историон-филологои æхсæнады. Иоджы ма иып нæ пом дæр раст иæ рахуыдта, «Дзæуджыхъæуы филоло- гон æхсæнад» нæ, фæлæ «Ирои историон-филологоц æхсæнад». Алыхуьпон 148
йуржуазон нацйоналй’сттæ дзы архайдтой, кæй зæгъы, уый у рагбн æрь1- мысгæ цъыфкалæн æмæ та иæ Шелепов ногæй ракой кодта, кæд иу адæн- маджы культы хабæратæ хурмæ ракалдтой æмæ йæ фæстиуджытæ^фссафы- ны ныхмæ алыхуызои мадзæлттæ арæзт цæуы, уæддæр. Уæлдæр ма’йæ загътон: Ироп историон-филологон æхсæнад ахсджиаг паукон куыст кодта, йæ уæнгты æхсæн иунæг зпаг дæр нæ уыд — нæдæр уæйгæнæг, нæдæр буржуазон националист. Кæд дзы, Шелеповы хъуыдымæ гæсгæ, ахæмтæ уыдй, уæд сæ ранымайын хъуыдй номæй-номмæ. Мæнмæ гæсгæ афон у Ирон историон-филологон æхсæнады куыстæи ак- каг аргъ екæйынæн. 1962 азы 17 сёнтябрь 149
Публицистикæ НАЙФОНТЫ Фатимæ ТУАЛЛАГ НИКЪАЛА Тæхудиаг сты, йе ’ппæт цард дæр рæстдзинады сæрыл тох кæнгæйæ æф- хæрд чи баййæфта, хъоды кæуыл бачынди, уыдон. Ацы ныхæстæ зæгъæн ис Туаллаг (Двали) Никъалайы мысгæйæ. Чырыстон дин парахатгæнæг Никъала царди цыппæрдæсæм æнусы рай- дайæны. Дины сæрвæлтау удхайраг мардæй кæй амард, уый тыххæй нымад æрцыд Гуырдзыстоны национ сыгъдæг удтимæ. Бирæ азты дæргъы йæ зыд- той æрмæст Гуырдзыстоны, Ирыстоиы та хъуыстгонд уыд къаддæр. Фæлæ ныры рæстæджы цаутæм кæсæм æпдæр цæстæй. Гуырдзиаг ахуыргæндтæ, Туаллаг Никъплапы тыххæй фысгæйæ, ирон кæй уыд, уый скон дæр нæ уа- дзынц. Зæгъæм, XIX æнусы гуырдзиаг литературон уацмыс «Калмасоба»-йы фыстæуы: «Туаллаг сыгъдæг Никъала уыди гуырдзиаг». Фæлæ йæ райгуы- рæн бæстæ Ирыстон кæй уыд, йæ фыдæлтæ рагон туаллаг мыггагæй кæй уыдысты (гуырдзиагау — двало), уый тыххæй иунæг дзырд дæр никуы ис фыст. Гуырдзиаг историктæ Туалты иппæрд кæнынц ирæттæй æмæ сæ хо- нынц гуырдзы æмæ вайнахты адæмыхæттытæй. Гамрекели йæ монографи «Двалтæ н Двалети»-йы зæгъы, Двалетийы дам XV æнусы онг чи царди, уыдон ирæттæ нæ уыдысты, ир дам дзы фæстæдæр æрцардысты. Бсеволод Миллер та æрцыди бынтон æндæр хатдзæгмæ: «Осетины... на южном склонс хребта занимают область известную в грузинской географии под назваиием «Двалн». Северные осетины называют их общим именем — туалтæ». Туалты зæххытæ сты Ачабетæй Тырсыгомы онг. Афтæ сæ хоиынц сæ ра- гон фыдæлты номмæ гæсгæ. Уыдон незамантæй фæстæмæ цардысты Астæук- каг Кавказы хуссарварс, уыимæ Стыр æмæ Чысыл Леуахийы доныбылтыл дæр. Сæ уидæгтæ æххæссынц скифты дугмæ. Скифты иу хай VII—VI æну- сты раззаг Азимæ сæ хæстон стæртæ куы ахицæн кодтой, уæд æрбынат кодтой Фæзкавказы. Уый тыххæй бæлвырд бæрæггæнæнтæ ис рагон бердзе- наг æмæ ромаг автортæм, стæй гуырдзиаг хроникæты дæр. Биноныг азфыстытæм гæсгæ Туаллаг Никъалайы райгуырæн бæстæ у Цъæй. «Уæллаг æмæ Дæллаг Цъæй та сты Терчы облæсты». Куыд зонæм, афтæмæй Цъæйы ис Рекомы кувæндон. Рагоп таурæгъы баззад Цъæйы мо- ладзандоны кой, стæй историктæ куыд фыссынц, уымæ гæсгæ ам Никъала фыццаг хатт базонгæ моладзаиы цардыуагимæ. Фæлæ фæстæдæр ныууагъта 150
пæ раигуырæн бæстæ æмæ ра’раст Йыгуы’лæи Гуырдзымæ—КъларджиМ’æ. Ам уыди моладзандæттæ. Дин æцæг дин уæд у, æмæ куы лæггад кæна адæ- мæн, се ’хсæн сын куы тауа уарзондзинад. Афтæ хъуыды кодта Ннкъала. Æмæ сфæнд кодта Сыгъдæг зæхх Иерусалиммæ абалц кæнын. «Он возжелал отправиться во святой град Р1ерусалим поклоииться гробу господню и по- селиться в Крестном монастыре». Ацы моладзандоны тыххæй историон бæрæггæнæптæ фæзынди XI æну- сы. Уæдæй XVIII æнусы онг уыди Палестинæйы гуырдзиаг моладзандæтты адмииистративон æмæ культурон центр. Астæуккаг æнусты бæлццæттæй Сыгъдæг зæхмæ чи бахæццæ, уыдонæй баззади таурæгъ. Таурæгъмæ гæсгæ Сыгъдæг Дзуары моладзандои фæзын- ди, Лот кипарнс, нæзы æмæ кедр кæм ныссагъта, уыцы ран, тугхæццæйы’ тæригъæд ыи ныббарстæуыд æви нæ, уый базопыны тыххæй. Диссаг æр- цыд — æртæ талайы баиу сты æмæ сæ рауад иу стыр бæлас. Уыцы бæлас акалдта паддзах Соломон, Йерусалимы цы’ моладзандон арæзтой, уымæн. Фæлæ аразджыты бæлас нæ бахъуыд, моладзапдоны раз фæлдæхтæй лæу- уыд, æмæ дзы æрбацæуæг адæмæн бадæн рауади. Фæстæдæр бæласæй са- рæзтой дзуар, Чырыстийы байтыгътой ууыл. Ацы моладзандонимæ баст у Туаллаг Никъалайы дины куыст. Аккаг кæстæр разынд йе ’мтуаллаг хистæртæ Парасман, Иоан æмæ Микелæн. Уы- дон нæмттæ сты XI æнусы гуырдзиаг къухфыстыты. Ноджы ма сæхи рав- дыстой разагъды литератортæй. Сæ къухфыстытæ аивгонд сты сæхи конд æмбисонды миниатюрæтæй V Туаллаг ныууагъта моладзаны сабыр, æ.дыхст цард æмæ, цы адæмыл тыхст, зындзинæдтæ чи æвзæрста, уыдонæн снывонд кодта йæхи. Чырыстийы хъуыдытæ парахат кæнынмæ араст ис пысылмон дунейы цеитр Сиримæ, Да- маскы сахармæ. Æрыхъусын кодта адæмы йæ зонды ныхæстæм. Хъæбатыр зæрдæйы хицау уæвгæйæ бацыди мæзджытмæ æмæ фанатикты ’хсæн рай- дыдта дзурын Чырыстипы ахуырадыл. Уыи уыд, нырмæ чи нæма æрцыд, ахæм цау. Фыдмитæ йын бакодтой, афтæмæй йæ баппæрстой ахæстоны, фæ- лæ куы суæгъд, «уæд та бацыд уыцы мæзджытмæ, æмæ та йæ бакодтой ахæстоны». Уый уыди Сири æмæ Палестинæйы мысыраг мамлюкты хицау- дзинады рæстæджы, дины фанатиктæ чырыстон адæмы ахсгæ æмæ ауындзгæ куы кодтой, уæд. Сирийы «æгъдауæвæрæг» уыд Тенгиз, мамлюкты ’султан Насир Мухаммеды æвæрд лæг. Эмир Тенгизы бардзырдмæ гæсгæ Никъа- лайæн йæ сæр акъуырдтой. Уый уыди 1314 азы. Туаллаг Никъалайы мысæн бон бæрæг кæнынц 19 октябры. «ТУАЛЛАГ НИКЪАЛАЙЫ ХЪИЗÆМАР» Ацы фыст Палестинæйæ сласта академик Марры экспедици 1902 азы. Ныффыста йæ Дзуары моладзандоны æнæзонгæ моладзан, Туаллаг куы амард, уыцьЛ аз. 151
«Ацы хуыцауысконд хънзæмаргæиæг уыди Чырыстийы иузæрдион фæдон, туаллаг, Цъæйы хъæуæй. Йæ ныййарджытæ —• дингæнæг адæм, куывтой Сыгъдæг Дзуарæвæрæгмæ æмæ сæ фырты дæр снывонд кодтой уымæн. Лæп- пуйыл 12 азы куы сæххæст, уæд æй арвыстой Къларджийы моладзандонмæ. Р1æ зæрдæйы райгуырд, ахуыссын кæнæн кæмæн нал уыд, ахæм фæнд — Сыгъдæг бынæттæм фæцæуып. Иерусалиммæ куы бахæццæ, уæд Хуыцаумæ куывта, фæлæ та йæ ба- фæндыд Чырыстийы тыххæй хъизæмæрттæ бавзарын. Ссардта цавæрдæр персайиаг тæлмацгæнæджы, бакодта йæ кадиймæ æмæ райдыдта чырыстон динæй æппæлын, пысылмон дин та фаугæ кодта. Уый тыххæй нæ фыднад фæкодтой æмæ йæ æрцахстоп. Йæхи нæ фæндыд, афтæмæй йæ æхцайы фæрцы суæгъд кодтой йæ æмдингæнæг æфсымæртæ æмæ йæ арвыстой Кипрмæ. Ам кодта дины куыст: Сыгъдæг Дзуарæвæрæджы сурæт сныв кæнын кодта æмæ йæ разы лæугæйæ Хуыцаумæ куывта. Уый фæстæ Никъалайы æрфæндыд Уаз Хох Афонмæ фæ- цæуын æмæ уым æрцæрыи. Иухатт Прсдтечæйы сурæты раз йæ зонгуытыл куыд лæууыд æмæ куыд куывта, афтæ йæм фехъуысти сурæты хъæлæс: «Никъала! Уаз Хохмæ дыи цæуæн нæй! Сыст æмæ фæцу Иерусалиммæ, уым ис гуырдзиаг моладзап, уый дыи бацамондзæн ирвæзæн хос æмæ дины фæпдаг, уымæн загъдæуыд, цы кæнын дæ хъæуы; уый». Никъала Иерусалиммæ куы бафтыд, уæд уыцы моладзаны ссардта, фæ- лæ цы куыст кæны, уый йын не схъæр кодта. Базыдта Никъала, ацы лæг кæй у, Предтечæ йын цы моладзаны кой кодта, уый, фæлæ йæ гуырысхотæ уæгъд нæ уагътон. Фæстагмæ йæ Хуыцау æрæууæндын кодта. Уæд Никъала раргом кодта йæхи моладзанæн, моладзан та райдыдта Хуыцаумæ кувын, цæмæй йын бацамона, Никъалайæн куыд кæнгæ у, уый. Æмæ æхсæвыгон фыны Сыгъдæг Мады Майрæмы фæрцы райста Хуыцауы фæнд: Ннкъала хъуамæ фæцæуа Дамаскмæ æмæ уым амæла Чырыстийы сæрвæлтау. Уæд æй моладзан арвыста Дамаскмæ. Куы ныххæццæ Никъала, уæд æвæстиатæй бацыди пысылмон кувæндонмæ æмæ радзырдта Чырыстийы тых- хæй, пысылмон дииыл та фаутæ æвæрдта. Уый аххосæй тынг фæиадтой Ни- къалайы æмæ йæ бакодтой ахæстоны. Митрополиты æххуысæй йæ фæстæ- дæр рауагътой, фæлæ та бацыд уыцы кувæндопмæ, æмæ та йæ фæнадтой: цæрмын рæттæй йыл æрцыди 500 цæфы, уый фæстæ та йæ баппæрстой ахæ- стонмæ. Дзуарæвæрæг æм æргом рацыд ахæстоны æмæ йын йæ цæфтæ æмæ низтæ бадзæбæх кодта. Дыууæ мæйы фæци ахæстоны. Стæй та йæ чырыстон дингæнджытæ суæгъд кодтой æмæ та йæ хъавы- дысты Иерусалиммæ арвитын. Фæлæ Хуыцауы фæндæй фембæлдысты са- хары эмирыл. Эмир æй базыдта æмæ загъта: «Ай нын пæ дин фаудта». Баурæдта Никъалапы æмæ нæ бакодта эмирты эмир Тенгизмæ. Фыццаг ын Тенгиз, зæрдæлхæнæн ныхæстæ кодта, лæвæрттæй йæ сайынмæ хъавыди, фæлæ Никъала нæ фæтасыд, не сивта йæ зæрдæ Чырыстийыл, пысылмон диныл та фаутæ æвæрдта. Уæд ын мæлыны тæрхон рахастой. Эмиртæй иу 152
сыстади, цæмæи йын йæ сæр акъуыра. Никъала нæ фæтарсти, хурыскæсæ- нырдæм азылд, цингæнгæ йæ сæр карды бын æрæвæрдта æмæ загъта: «Табу дæхицæн, Чырысти-Хуыцау, йæхицæн мæ нывондæн чи равзæрста!» Йæ сæр ын ахауын кодтой, фæлæ ма уæддæр сæр авд хатты сдзырдта: «Табу дæ- хицæн, Чырысти-Хуыцау!» Уый персайнæгты стыр дисы бафтыдта æмæ йæ оасыгътой. Каэм æй басыгътой, уырдыгæй æртæ боны рухс хæрдмæ калди. Никъалайы амардтой 1314 азы октябры мæйы 19-æм бон, дыццæджы. Никъалапы Дамаскмæ цы моладзаи арвыста, уый йын йæ амарды хабар куы базыдта, уæд Хуыцауæн арфæ ракодта, æмæ дзы куырдта, цæмæй иын Уый зæгъа, Никъала хъизæмаргæиджыты фæрнæпдзаг хыгъдмæ бахаудта æви н æ. Иу бон моладзаи чиныг каст, афтæмæй диссаджы ныв федта: æмбисон- ды хох, рухсæй тæмæнтæ калдта. Уым Сыгъдæг хъизæмаргæнджытæн сæ разæй уыди хъизæрмаргæнæг Георгнй. Георгий моладзаны куы ауыдта, уæд дыууæ хатты сдзырдта: «Никъала, рахиз æмæ дæхи фснын кæп ацы моладзанæн, дæ ахуыргæиæгæн, дæу тыххæй бирæ цæссыг фæкалдта!» Уæд Никъала рахызт, йæ сæрæй акуывта моладзанæн æмæ афтæ: «Мæнæ дæн! Фен мæ, мæн дæр æмæ мæ бынат дæр æмæ мыл амæй фæстæмæ мауал хъыг кæн!» О 153
ТЕЧИАТЫ АЛЕТÆ АИВ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ АХАДЫНДЗИНАД ХИСТÆРКЪЛАСОНТИМÆ КУСГÆЙÆ Хистæркъласонты кар у романтикон бæллицты кар, æнæрцæф æмæ фыц- гæ туджы кар. Скъоладзаутæ ацы кары сæхимæ дæр æмæ дуиемæ дæр фæ- кæсынц критикон цæстæй. Рæдыд ныббарын сын вæййы тынг зын.- Литературæ уыцы иу рæстæг æххæст кæны цалдæр хъуыддаджы: зона- дои, эстетикон æмæ ахуырадон. Ацы хъуыддæгтæ кæрæдзиуыл сты æнгом баст. Аив литературæйы æххуысæй райрæзынц æрыгон уды миддуне æмæ æфсарм, йæ эстетикон æмæ идейон позицитæ, литературæйы фæрцы скъола- дзаутæ бахизынц аивады диссаджы дунемæ, адæймаджы уды æнæкæрон æр- фытæм. Æнæ литературæ не стыхджын уыдаид иу дин дæр, иу политикон хицаудзинад дæр, иу революцион кълас дæр. Фæлæ литературæ йæ бæрзонд хæс æххæст кæны, æрмæст хорз миниу- джытыл куы ахуыр кæна, уæд. Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ лите- ратурæ хъуамæ æвдиса цардæн æрмæст йæ хæрзтæ, йæ рухс фæхстæ. Лите- ратурæйы ахадындзинад къаддæр нæ кæны фыдракæнды антиэсте- тикоп æмæ антиморалои мидис æвдисгæйæ дæр. Данте æмæ Шекспир, Мольер æмæ Бальзак, Гете æмæ Шиллер, Бай- рон æмæ Пушкин, Сервантес æмæ Толстой, стæйиннæтæ се сфæлдыстады æнæмæлгæ фæлгонцтæй кад кодтой адæймаджы рæсугъддзинадæн. Сæ чин- гуыты хъомыс уый тыххæй егъау у. Иу æнусæй иннæмæ ракъахдзæф кæны Гамлет, тыхсын кæны зæрдæтæ ахсджиаг философон фарстатæй, ногæй æрæвæры адæймаджы размæ æнусон фарст: цы у цард æмæ куыд цæргæ у, куыд тох кæнын хъæуы хæрамы ныхмæ? Æхсæрдæсаздзыд рæзгæ уды æцæг литературæйæ куы ратонай, кæсы- ныл æй куынæ сахуыр кæнай, уæд уыцы адæймаджы сомбон æмæ миддуне уыдзысты афтид, сахъат. Скъолайы литературон программæйы курсæн йæ бон нæу ацы вазыгджын фарст æххæстæй алыг кæнын, стæй ма бирæ скъо- ладзаутæ æнæмæнг кæсинаг уацмыстæ фæкæсынц тыххæй, цин нæ банкъа- рыпц чиныг кæсгæйæ. Ахæм уавæрты литературæ йæ бæрзонд хæс ие ’ххæст кæны. «Чингуыты дунейы æрцæрын хуымæтæг хъуыддаг нæу,— зæгъы В. А. Сухомлинский.— Ахуырдзау иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæвæййы скъола, фæлæ æппындæр нæ бамбары, цы у интеллектуалон цард, ыæ базоны адæй- маджы егъау цин — кæсын æмæ хъуыды кæнын». 154
Литературæ æмбпрыи, литературæ зæрдæмæ хæссыиы процесс вазыг- джын у, домы, цæмæй скъоладзауæп кусой йæ фантази, хъуыды, æнкъарæн- тæ. Уымæ гæсгæ, уацмысы ахадындзинад баст у кæсыпы культурæйы бæр- зонд æмвæзадимæ, адæймаг этикон хуызы цас цæтгæ у, цард æи цас фæл- тæрдта, уыдæттимæ. Эстетикон культурæ рæзын кæнгæйæ, мах фæахадæм сывæллоны миниу- джытыл. Уд цас хъæздыгдæр кæны, уыйбæрц арфдæр æмбæрст цæуынц аивадон уацмыстæ æмæ сывæллоны миддуне сыгъдæгдæр æмæ уæрæхдæр кæны. Иудзырдæй, литературæйы урокты, стæй фæсурокты скъола хъуамæ хъомыл кæна хъуыдыгæнæг чиныгкæсæг. Ацы хæс вазыгджындæр æмæ ахс- джиагдæр ноджы уый тыххæй кæны, æмæ сывæллæтты аивадон литературæ кæсыныл цы рæстæг хардз цæуы, уый къаддæргæигæ цæуы. Чиныджы мидисыл ныхасгæнгæйæ ахуыргæнæг хъуамæ ма рох кæна, хистæркъласон литературæйы раз кæй æвæры æндæр домæнтæ. Уый лите- ратурæйы фæагуры, цы фарстатæ йæ фæтыхсын кæнынц, уыдонæн дзуаппы- тæ, фæархайы литературæйы фæрцы йæ дунембарæн позицитæ фидар кæ- иыныл, фæагуры царды йæ бынат, царды къæсæрæй бахизыны агъоммæ уый фæфæнды йæ идеал ссарын, цæмæй хъуыдытæй ифтонг уа. Стыр нысаниуæг ис æрмæст темæтæн нæ, æрмæст чиныг равзарынæп нæ, фæлæ куысты мето- дикæйæн дæр. Методикæ хъуамæ афтæ арæзт уа, алы ахуырдзау дæр куыд æмбара уацмысы эстетикон фидыц, парахат æмæ алыхуызон дуне. О
ДЗГОЙТЫ ЗОЯ АХУЫРГÆНИНÆГТЫ ОРГАНИЗАЦИТЫ НЫСАНИУÆГ КУЫСТАДОН ХЪОМЫЛАДЫ Наукоп-техипкон революци домы, цæмæй зæронд техникæ тагъддæр æмæ’ арæхдæр ивд цæуа ног тæрхытæ æмæ машинæтæй. Уый объективон æгъдау- æй бындур æвæры экономикæйæн. Цæмæй экономикæ ног къæихæнмæ схнза, уый тыххæй та рацаразинаг у куысты технологи. Кусджытæ хъуамæ зоной нырыккон техникæ, сæ наукон-техникон зоныидзинæдтæ сын хъуамæ бар дæдтой ипженеры æмрæнхъ æрлæууынæн. Уый тыххæй абон хъомылады æмæ ахуыры хъæуы ивддзинæдтæ. Уымæ гæсгæ стыр нысаниуæг ис ахуыргæии- нæгты организацитæн. Фæсивæдæн уарзын кæнын хъæуы куыст, стæй ног. техникæ æмæ технологи, уымæн æмæ цæмæй ныртæккæ зонай сау згъæры 90% куыстытæ, машинæаразыны 80% куыстытæ, уый тыххæй хъæуы астæуккаг æмæ астæуккаг-техникон ахуырад. Зыпгæ ивд æрцæудзæн скъоладзауты ахуырады мидис, фылдæр дзы уыдзæн наукон-техникон прогрессы ногдзинæдтыл афæлгæст. Уымæ гæсгæ ахуырад, наукæ æмæ техникæйы бастдзинæдтæ хъуамæ кæной æнгомдæр, ахуырдзаутæи дæттын хъæуы разамонæджы дæсныйады зонындзинæдтæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, зæгъын хъæуы уый æмæ, скъола чи фæвæййы, уыдо- нæн сæ фылдæр цæттæ нæ вæййынц материалон куыстуæтты сферæйы ку- сынмæ, скъола сын нæ дæтты, адæмон хæдзарады цы дæсныйæдтæ хъæуы, уыдон. Профориентацион куыст арæхдæр вæййы уæлæнгай, нымад дзы нæ фæцæуынц ахуырдзауты гæнæнтæ æмæ фæндæттæ. Арæх ахуыргæнджытæн сæхи цæттæдзинад дæр вæйиы тыыг лæмæгъ, нæ фæзонынц пæ бæстæйы нау- коп-техникон революцийы рæзты тендецитæ. Ахуырдзаутæн æргомгонд не ’рцæуынц разамонæджы куысты сусæгдзинæдтæ, нæ,сæм вæййы сæхи хъæп- пæрис. Афтæмæй та ахуырдзаутæм никуы уыдзæни социалон активондзинад, разамонæджы зоныидзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Ахуырдзауты архайдæн разамыпд дæтгæйæ ахсджиаг у куысты хъомы- ладон хъару сбæлвырд кæнын, йæ социалон-гуманистон нысан ын равдисын. Куыст адæймаджы бæрзонд кæй кæны, уый кæддæриддæр зæрдылдаринаг у. Скъоладзау цадæггай ахуыр кæны йæ тыхтæ æмæ курдиат коллективæн, адæмæн, æхсæнадæн раттыныл. 1897 азы Ленин йæ уац «Перлы народнического прожектерства»-йы куыс- тадон хъомылады тыххæй загъта: «...сомбоны æхсæнад цæстытыл ауайын кæнæн нæй, æрыгон фæсивæд æмæ ахадгæ куыст куынæ баиу кæнай, уæд». Ацы хъуыддаг уæлдай ахсджиаг у абон — нæ фæсивæдмæ æппындæр кусыны зонд куы нал ис, не ’хсæнад заууатмæ куы ’рцыди, уæд. =о= 156
СЕКЪИНАТЫ СОЛТАН ооо Хъæлдзæг радзырдтæ ХÆЙРÆДЖЫТЫ САЙД Дзыбыртт йæ фысты къорд хохæй быдырмæ аскъæрдта, æр- хæццæ иу пысылмон хъæумæ. Тынг æй фæндыд моллотæ, дæснытæ цы фæ- дзурынц, уый базонын, стæй ууыл сæхæдæг феууæндынц æви иæ? Хинæйдзаг Дзыбыртт сфæпд кодта моллоимæ сæмбæлын. Бацыд урсцъар бæрзонд, бæзæрхыг лæппулæг Мæхæмæтмæ. — Иарæбын, Мæхæмæт, дæлимонтæ мæ нал æмæ нал уадзынц æмæ мын дæ хорзæхæй, исты хос скæн, сæфын. — Дæ хос дæхи къухты ис, ницы дæ хъæуы, цы дын кæныи кæиынц, уый ма кæн. Иу цыбыр пыхасæй, ма сæм хъус. Хуыцау дæ бахпзæд, фæлæ сæм куы байхъусай, уæд дæ сæхн хуызæн скæндзысты, фæхæйрæджджын уыдзынæ. Мæгуыр лæг рацыд уынгмæ, иуцасдæр алæууыд, хъуыдыты аныгъуылд æмæ та молломæ фæстæмæ баздæхт: — Мæхæмæт, тынгдæр мæ тыхсын кæнынц, исты хос, исты амал мын скæн, дæ хорзæхæй, дæ хорздзннад дын пикæд ферох кæндзыиæн. Молло смæсты. Иæ цæстытæ фæтар сты: — Уæллæхи-биллæхи, ацы хохæгтæ ныхас ие ’мбарынц, æз дыи афтæ куы загътон, кæд ма дæ а-зæххыл цæрын фæнды, уæд сæм ма хъус. Цы ма дын зæгъон, æви дын дæ хъусы «гукк» ныккæнон. Зæронд лæг уынгмæ рацыд, йæ мидбылты бахудт, æмæ та фæстæмæ молломæ йæ цæсгом батардта: — Бахатыр мын кæи, иæ кадджын молло, фæлæ дæуæй куы раздæхын, уæд мæ уыцы æнæхаиры дæлимонтæ тынгæй-тынгдæр тыхсын кæнынц. Молло бынтондæр смæсты, ай мæ нал æмæ нал пыууадздзæн, зæгъгæ, уыциу хъæр фæкодта: — Уагæр дыи цы кæнын кæнынц, цы дын зæгъыиц? — Дæ рын бахæрон, Мæхæмæт-молло, афтæ зæгъыиц, моллопæн, дам, дæ фысты хуыздæр балæвар кæн. 157
Молло фæхъæлдзæг, йæ хъоппæг цæстытæ фæирд сты, йæ цæстытæй ба- худт æмæ Дзыбыртты уæхскыл нæ фæлмæн къух æрæвæрдта: — О, о, уыдонмæ дæр хатгай байхъусын фæхъæуы. Æвзæрдзинадыл дæ нæ ардауынц. Бапхъус сæм. Дзыбыртт бахудт, йæ къух ауыгъта. — Уый та дын молло,— æмæ йæ фысты къордыл ахъæр кодта. ДУР ÆЙ ÆРКЪУЫРДТА Дзаидар колхозы фыййауæй куыста бирæ азты дæргъы, Сæр- дыгон-иу фосы дзуг хызта хохы къæдзæхты бынмæ, дурджын рæтты. Дзидза бахæрынмæ-иу куы смондаг, уæд-иу бæрзонд айнæг къæдзæхæй дур ауагъта, æмæ дæ фыдгул афтæ: иу-дыууæ фысы-иу сæ гæндзæхтæ батылдтой. Æмæ-иу Дзаидар нард физонджытæй йе стонг басаста. Иу фæззæг колхоз йæ фысфосы дзугтæ аскъæрдта Хъызлары æнæдур лæгъз быдыртæм. Дзандар фыс аргæвдынæн амал нæ ардта. Фермæйы хи- цау Дзымыл карз уыди. Иухатт Дзымыл горæтмæ фæраст, цæхх æлхæнынмæ. Куыддæр фаууон, афтæ Дзандар замманай нард нæл фыс йæ быны афсæрста, цыргъ кардæн йын йæ хурх атæхып кодта. Уалынмæ Дзымыл фæзындис, хъæр кæны, ацы фысыл цы ’рцыд, зæгъгæ. Дзапдар уыцы уæзданæй загъта: — Дур ыл ратылд... о-
«МАХ ДУГ» 1993 АЗЫ НЫММЫХУЫР КОДТА: ПРОЗÆ Беджызаты Чермен Мæстуытæ дзу- рынц. Новеллæтæ. VII—VIII; Дауыраты Дамир. Горæтаг кæрт. Уацау. V—VI, 11. Джыккайты Шамил. Зæхх. Ирон ха- бар. IV, 56. Дзасохты Музафер. Мысыры сы- джыт. Повесть. I, 11; II, 12; III, 3. Къорнаты Мухарбег. Къорнаты Бæ- рег. Таурæгъ. VII—VIII; 96. Рæмонты Геор. Арвистои. Æмдзæв- гæтæ. II, 100. Ситохаты Саламджери. Зын уарзон- дзипад. Уацаау. II, 68. Токаты Асæх. Софя. Рагон хабар. V—VI, 50. Томайты Мисурхан. Æртæ радзыр- ды. XI—XII, 134. Хъазиты Мелитон. Дыууæ радзыр- ды. XI—XII, 99. Хъайтыхъты Азæмæт. Цæхджын сайд. Таурæгъ. II, 108. поэзи Абайты Эдуард. Чи та бяивта мæ- цъыйæ йæ гæрз... Æмдзæвгæ- тæ. IX—X, 3. Балаты Тембол. Зæпдæйы хъарм. Æмдзæвгæтæ. IX—X, 122. Балаты Альберт. Нæ иудзинад — нæ уарт. Æмдзæвгæтæ. II, 63. Бекмæрзты Афон. Ивгъуыды сагъæс- тæ. Æмдзæвгæтæ. IV, 53 Бестауты Гиуæрги. Æхсæрдзæны пыр- хæнтæ. Æмдзæвгæтæ. VII— VIII, 197. Дзуццаты Халчы-Мурат. Дчьшпайы мæлæт. Æмдзæвгæтæ. I, 3. Дзуццаты Эльбрус. Ног Ир. Æм- дзæвгæ. I, 66 Кокойты Эльзæ. Мæ рыст удьт хъа- рæг. Æмдзæвгæтæ. III, 58. Нигер. Æмдзæвгæ. VII—VIII, Скъодтати Эльбрус. Стъалути фæд. Æмдзæвгæтæ. IV, 67. Тыджыты Юрий. Мæ уды рис. Æм- дзæвгæтæ. I, 64. Хаджеты Таймураз. Фæзчæджы бон- тæ. Æмдзæвгæтæ. XI—XII, 92. Хетæгкаты Дауыт. Æмдзæвгæтæ. VII—VIII, 89. Хостыхъоты Зинæ. Фарны мæсыг. Æмдзæвгæтæ, II, 3. Хуыгаты Сергей. Фыдыуæзæджы хъарм. Æмдзæвгæтæ. III, 85. Хъайтыхъты Геор. Фæидараст. Æм- дзæвгæ. V—VI, 47. Хъайтыхъты Азæмæт. Къасарайаг зарджытæ. Æмдзæвгæтæ. IV, 66. Хъодзаты Æхсар. Æвыд-дывыдоны дуг. Æмдзæвгæтæ. XI—XII, 120. Цæрукъаты Алыксандр. Удварны хæзнатæ. Æмдзæвгæтæ. V—VI, 3. ПЬЕСÆТÆ Гусалты Баоис. Згæ сызгъæрин. Дра- мæ. IX—X, 9. Темыраты Давид. Зауыр æмæ Зауба- тыр. Драмæ. I, 68. СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Агъниан. Æмбисæндтæ. таурæгътæ, зонды ныхæстæ, æцæг хабæрт- тæ. III, 62; IV, 71 Арбиаты Хатæхцыхъо. Уæгъдибары цардмæ бæллыдтæн. Æмдзæв- гæтæ. VII—VIII, 131. Афæхъо. Цас æмæ куыд фидæм хъа- лон. I, 100. Æмбисæндтæ æмæ æцæг хабæрттæ. VII—VIII, 216. Брытъиаты Созырыхъо. Аргъæуттæ. VII—VIII, 135. Быдтаты Агуыбечыр, Бтемыраты Бим- болат. Ирои хъæлдзæг ньтхæ- стæ. VII—VIII, 181. 159
Гæдиаты Секъа. Кольпы сауджын Аксойы тыххæй цыбыр дыууæ ныхасы. V—VI, 77. Дзагурты Губади. Ирон историон-фи- лологон æхсæнады тыххæй. XI—XII, 144. Колыты Аксо. Æмдзæвгæтæ. V—VI, 79. Леонтий Стедер. Бонычиныг. I, 110; 11,112; III, 91; IV, 96. Токаты Алиханы райгуырды 100 аз- мæ. Фыстæджытæ. VII—VIII, 112. ÆЦÆГÆЛОН БÆСТÆЙЫ Дзаитиаты Дзамболат. Дигорон Сай- тан.Лескенаг. 107—110. Бырнацты Алыксандр. Æмдчæвгæтæ. VII—VIII, 111. АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Иба æмæ æлдар. V—VI, 108. Хъобайнаг дыууæ таурæгъы. VII— VIII, 205. Джакометти Паоло. Лæгмары би- нонтæ. Драмæ. IV, 3. ФÆСАРÆЙНАГ ИРÆТТÆ Уарзиаты Вилен. Дон дæр йæ рагон фæд агуры, V—VI, 59. ФÆСАРÆЙНАГ ИРОН ФЫСДЖЫТÆ Бадты Муаммæр. Мысын дæ зæлда- гæмбæрзт хæхтимæ, Ирыстон. Æмдзæвгæ... IX—X, 73. НÆ ЮБИЛЯРТÆ Дзуццаты Хадзы-Мурат. Поэт-æмбæ- стаг. IX—X, 102. Хуыгаты Сергей. Дыууæ радзырды. IX—X, 78, Хъайтыхъты Азæмæт. Ход. Таурæгъ æмæ цард. XI—XII, 3. КРИТИКÆ ÆМÆ БИБЛИОГРАФИ Мамсыраты Мурат. Гитлер Хърупсмæ æрбадзырдта?.. III, 107. РÆСТÆГ — РÆСТÆВЗАРÆН Бицъоты Гриш. Нывондæн хаст æр- цæуынц. IX—X, 127. Туаллæгты Æхсар. Рæстудæй. V— VI, 85. ПУБЛИЦИСТИКÆ Галимзянов Айрат. Æмдзæуин æмæ æмдзæрин. II, 127. Дзусты Светланæ, Елойты Юрий. Хæ- дзариуæг кæныны хуызтæ æмæ фæлтæрддзинад. V—VI, 113. Дзгойты Зойæ. Ахуыргæнинæгты ор- ганизациты нысаниуæг куыста- дон хъомылады. XI—XII, 156. Найфонты Фатимæ. Туаллаг Никъа- ла. XI—XII, 150. Плиты Ислам. Хицæн адæймæгты ис- бон æмæ фæллойадон коллек- тивтæ. I, 126. Течиаты Алетæ. Аив литературæйы ахадындзинад хистæркъласои- тимæ кусгæйæ. XI—XII, 154. Тедтойты Зинæ. Ирон дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ Хъаныхъуаты Иналы очеркы. V—VI, 112. Хъайтыхъты Азæмæт. Дзырд кæд- дæриддæр дзырд сайы. Фиппаинаг. V—VI, 110. ХУДЫНДЗÆГ Джех æмæ Дзæгъгъо. Фысджытæ худынц. IV, 114. Аиализæн хъæуы, анализæн. V—VI, 120; IX—X, 158. Джусойты Майæ. Æмбисонды ха- бæрттæ. IV, 113. Сскъинати Солтан. Хъæлдзæг ра- дзырдтæ. XI—XII, 157. Цæрукъаты Танмураз. Сатирнкон æмдзæвгæтæ. I, 127. 160