Текст
                    ХАЦЫРТЫ СЕРГЕЙ
ХАЗНА
ХУССАР ИРЫСТОНЫ РАУАГЪДАДЫ ЧИНГУЫТЫ СЕКТОР
ЦХИНВАЛ _ 1966


Зынаргъ чнныгкæсæг! Хацырты Сергей чи у, уый ды зоиыс йæ пье- сæтæм гæсгæ, кæцытæ æвæрд цæ- уынц ирон сцекæйыл, куыд зæгъæм: «Æрдхæрдтæ», «Дудар æмæ йæ хæ- лæрттæ», «Æхсарджыпты кадæг», «Тулгæ дур» æмæ æндæртæ. Ацы пьесзэты автор ма фыссы про- заикон. уацмыстæ дæр. Уыдонæн сæ ахсджиагдæр æмæ ахадæн дæр у йæ ромап «Хахша». Ромапы æвдыст цæуы Фыдыбæс- тæйон хæсты фæстæ азты Фариы районы колхозтæ «Уæлахнз» æмæ «Размæйы» хæдзарадтæ куыд æнди- дзыдгонд цыдысты, уый. Хæсты ха- йадпсджытæ колхозы дæр кусынц хъазуатонæй æмæ колхозоитимæ æм- дых æмæ ^æмзондæй басастой нæу- дзарм зæхх, дон æм рауагътой къа- иаувæдыл æмæ дзы хъæздыг тыллæг исын байдыдтой. йе, уымæ гæсгæ автор йæ романы рахуыдта «Хæзна». Роман цахæм æвзагæй фыст у, цахæм фæлгæндзтæ дзы ис æмæ цы ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæ- ны, æппæт уыдонæн дæхæдæг аргъ- гæнæг фæу.
X Ъ Æ М Æ 1 Æрджынарæгмæ куыддæр схæццæ бæлццæттæла- сæг поезд, афтæ ныууасыд. Паровозы хъæр, сар- мадзапы богъау, анæрыд комы нарæджы. Хпстæр лейтенант Сырхауты Хæсанæ <бадт рудзынджы цур æмæ йæ мыдгъуыз цæстытæй зыдæй -каст Кавказы хæхтæм. Хæсанæ 1941 азы барвæндопæй ацыдис хæстмæ. Чы- сыл нæ фесмыста хæсты гуыргъахъ фæндагыл топпыхо- сы.фæздæгмæ. Рейхстаджы сæрмæ нæ уæлахизхæссæг Сырх Тырыса æрсадзынмæ чи скъæфта, уыдонæй иу уы- дис Сырхауты Хæсанæ дæр. Фæщис хæст. Ньюсæрфта ирон лæппу йе ’хсаргард, йæ кæрддзæмы йæ нывæрдта æмæ йæ ныр мæнæ поезд скъæфы фæстæмæ йæ райгуырæн хъæумæ. 1941 азы Хæсанæитæ, фронтмæ цæугæйæ, раст мæнæ ардæм, Æрджынарæгмæ куы ныххæццæ сты, уæд дзы б.ирæтæ уæзласæн вагæтты зыхъхъыртæй кастысты Кав- казы хæхтæм æмæ сын сæ цæстæнгасæй хæрзбоп кодтой. Хæхты сæрмæ уæд бадти сау мигътæ, фæлæ хæхтæ уæд- дæр сæрыстырæй кастысты, цыма хæстмæ чи цыд, уы- 1онæн ныфс лæвæрдтой: ома тæрсгæ ма кæнут, мæ хур- тæ, нæ сæрмæ цал æмæ цал хатты фæзындысты сау мы- лазон мигътæ, уал хатты нæ зæрдæмæ хъусыныл куы фæуыдаиккам, уæд иæ тыхджын дымгæ арф кæмтты нарджыты митын хъæпæнтæ æмæ рыджы обæуттæ сарæз- таид, къаппа-!къуппайау нæ фæйнæрдæм фæхастаид, дзæгъæл тыгъд быдырты нæ, ссадау, балуæрстаид, фæ- лæ ныр та уынут уæхæдæг, хæрам тыхты æрдумæ дæр нæ дарæм. Æмæ, æцæгæй дæр, Сырхауты Хæсанæ хæстмæ æрхæп-' 3
дæг зæрдæйæ нæ цыдис. йæ уæнгты хъазыд æнæбасæт- гæ ныфс. Уыцы еыфсимæ ацыд хæсты кæронмæ, кæд уæззау цæфтæ фæцис, уæддæр фæуæлахизыл никуы гуырысхо кодта. Ныр æй мæнæ фæсхæст йæ райгуырæн хъæумæ скъæ- фы поезд. Поезды сабыр |цыдыл йæ зæрдæ худы. Фæлæ йыл, зæгъгæ, маргъы базыртæ разад’æмæ атахт, уæддæр Хæсанæйы тагвд хъуыдыйы кæцæй баййæфтаид. Уый йæхицæн бынат нал ардта, фæыдыд æй тагъддæр куы бахæццæ уыдаид, цыппар азы дæргъы йæ уындæй æнæ- хай кæмæн уыдис, йæ сабийы бонты йæ, ныййарæг ма- дау, чи барæвдыдта, уыцы хъæубæстæм; куы федтаид йæ уарзон ныййарджыты, йæ фыд Арысханы, йæ мад Дзæ- кайы, йæ хо Ирæйы, хæстæджыты, хиуæтты, хъæубæс- ТЫ’ фæсивæды æмæ, æппынфæстаг, йæ цардæй фылдæр кæй уарзы, уыцыÆхсараты рæсугъд Азауы. Азауыæрæ- мысгæйæ, йæ зæрдæсæрмæ февнæлдта Хæсанæ. Уым, йæ хæдоны галиу дзыппы, ’æвæрд уыдис Азауы къам. Уыцы зынаргъ къамимæ ацыд хæсты фæндагыл кæронмæ. Стыр æхсар, стыр ныфсау ыл йæ зæрдæ дардта. Афтæ йæм каст, цыма уыцы къам йемæ куы уа, уæд ын тас нæу зн-аджы мæлæтхæссæг нæмыгæй. — Азау! — Бынозты, цавæрдæр стыр æхсызгондзина- димæ сдзырдта Хæсанæ æмæ йæ рахис къухæй гимнас- теркæйы галиу дзыпп йæ риумæ тынгдæр балхъывта. Поезд схæрд кодта Даргъ-Къохы станцæйы ’рдæм. — Нæ, афтæ ницы, — ахъуыды кодта Хæсанæ æмæ йе ’фсæддон хызын йæ уæхскыл баппæрста, лысыл чемо- дан йæ къухмæ райста æмæ тамбормæ рацыд. Байгом кодта дуар, вагонмæ схизæн асины дæллаг къæпхæныл æрлæууыд, тыгъд быдыртыл уарзон цæстæнгас ахаста, стæй æвиппайды тæхгæ поездæй асæррæтт кодта размæ. Цалдæр къахдзæфы азгъордта поезды фæрсты, стæй æр- хаудта йæ зонгуытыл, иæ армы тъæпæнтæ аныдзæв- дысты зæххыл. Исдуг афтæмæй аззад, стæй йæ армы тъæпæнæй æрбасæрфта зæххы сыджыт, йæ былтæм æй бахаста. Ньшъпъа йын кодта. Хæсанæ поездæй куы агæпп кодта æмæ йæ зонгуытыл куы ’пхауд, уæд вагæтты гом рудзгуытæй цы бæлццæттæ к'аст,"уыдонæй бирæтæ афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, йæхи 4
ныццавта æмæ уымæн афтæ æрæгмæ сты. Фæлæ чемодаи иуварс куы авæрдта æмæ йæ армы дзаг рагуалдзæджы умæл сыджыт йæ былтæм куы схаста, уæд бамбæрстой æфсæддоны зæрдæйы æнæкæрон циндзинад, æмæ сæ кæд Хæсанæ нæ уыдта, уæддæр æм чи йæ къух тылдта, чи йæ худ. Æрæджиау ма Хæсанæ фæкаст поезды ’рдæм æмæ ма йын ауыдта æрмæстдæр йæ фæстаг вагоны чъылдым, фæлæ уый дæр уайтагъд фæаууон бæрзонд фæзилæны. Хæсанæ поезды фæстæ йæ къух батылдта, стæп Æрыдо- ны хъæуы рахис фæрсты йæ фæндаг сарæзта Фарны- хъæуы ’рдæм. Хæстон цыд сæхимæ. Йæ сæры згъордтой алыгъуы- зон хъуыдытæ: «Цæуын хъæмæ уæлахизæй». Цьгма йæ къах фæрогдæр, йæ цыд фæрæвдздæр, афтæ йæм касти райтуырæн зæххыл цæуын. Æмæ уæвгæ уæлахизхæосæг Сов-етсн Æфсады хистæр лейтенант Сырхауты Хæсанæ цыфæнды уæззау цæфæй дæр æцæгæлон зæххыл не ’рын- цадаид, йæхицæн æй нæ садджып кодтаид, фæлæ йæ фарсыл дæр бырыдаид йæ райгуырæн зæхмæ. Афтæ йæм каст: уарзон хъæбулау æй цы зæхх фæхъомыл кодта? ууыл куы аныдзæвдаид мæлæтдзаг цæфтимæ, уæд ын цыма ,йæ хъæдгæмттæ уайтагъддæр айгас кодтаид. Фæ- лæ дзы æнæ мæлгæ нæй, зæгъгæ, уæд та йæм схæссæг зæххыл амæлын кастаид тæккæ стырдæр амондджын хъуыддагау. Иæ цæстытыл арæх уадысты, фронтмæ куы цыдис, уæд Кавказы хæхты æнæбасæтгæ æнгас. Афтæ йæм каст, цыма, Кавказы цъити дæттæ чи фæнозта, уы- цы хъæбул дæр хъуамæ уа, Кавказы хæхтау, фидар æмæ райгуырæп бæстæйы сæрмæ цы сау мылазои мигътæ фæ- зындис, уыдон æхсæн хъуамæ фæмидæг уа, тыхдымгæ- йау, æмæ сæ фæйнæрдæм фæхæсса. Афтæ хъуыды код- та Хæсаиæ кæддæриддæр карз хæстыты бырсгæйæ. Иу обаумæ æввахс тамако куыд сдымдта, афтæ йæ азрбаййæфта иу уæзласæн машилæ. Шофыр фæурæдта машинæ æмæ’æфсæддонмæ сдзырдта: — Техникæйы дуг у ныртæккæ, æмбал хистæр лейте- нант, сбад æмæ дæ -сдавон. Хæсанæ сбадт шофыры фарсмæ -кабинкæйы. 5
— Æвæццæгæи, фронтæй фæзындтæ, æмбал хистæр лейтеиант? — бафарста шофыр. — Ай, ай, — цыбыр дзуапп радта Хæсанæ. — Кæй онг бахæццæ дæ ды та? ■— Берлинмæ, — цыбыр дзуапп та радта Хæсанæ æмæ ахъуыды кодта, æвæццæгæн ма хъæумæ фæзынд демобилизацигонд æфсæддонтæ. — Дзæвгар асхуыстай. Амондджын бон райгуырдтæ, уый йедтæмæ ахæм цæхæрæй æнæфыдбылызæй раир- вæз! — дисгæнæгау та загъта шофыр. —Уый, чи зоны, афтæ у, фæлæ уæхæдæг та куыд стут, уæхæдæг? — Куыд дын зæгъон, мæнæ быдыртыл тæрккъæвда куыд æрцæуа, афтæ. Ис дзы, хоры хуымтау, чи пыф- фæлдæхтытæ æмæ фесæфт, ахæмтæ дæр, ис дзы, хæсты дымгæ кæуыл нæ сæмбæлд, ахæмтæ дæр! — фæкъæртт ис цымыдис шофыр дзурынмæ. — Диссаг у, диссаг, лæджы хъысмæт. Уырны дæ, мæ хæдзар æмæ мæ сыхаджьгхæ- дзар кæрæдзийыл пыхæст сты. Мæ амондæн æз*нæхимæ нæ фæдæн, уый йедтæмæ мæ, æвæццæгæн, бомбæ сау фæ- пык фестыи кодтаид. Мæхæдзар мын зæххы æмвæз акодта, мæ тæккæ сыхаджы хæдзарæй та ггуыридур дæр пæ фезмæлыди. Ныр йæ цæрæнбон бирæ уæлæ ме ’рвад Æхсараты Мысостæн, уып æрдæгхæлд хæдзармæ ба- лыгътæн мæ мадимæ. Æхсараты Мысосты коймæ Хæсанæ фестъæлфыд, цæхгæр фæзылд шофыры ’рдæм, базыдта лæппуйы; ца- вæрдæр тæссаг хъуыдытæй йæ зæрдæ срыстас, æмæ, куыдлæр æнæрхъуыдыйæ, йæ рахис къухæй йæ зæрдæ- сæры.'1 фæхæцыд... Тыхæй бафæрæзта шофыры бафæр- сын: — Æмæ цы фæцис Мысост йæхæдæг та? — Уый дæр, мæ хæдзар, стыр кадджынæй æрцыдис хæстæй, — загъта шофыр, — суанг Берлины уыдис, æмæ йын йе ’рыздæхынмæ хъæубæстæ уæлæ йæ хæлар Сыр- хауты Арысханы цур æттæгуæлæ хæдзары бындур æрæ- вæрдтой. Иу цæст уал дзы ацæттæ æмæ уырдæм ба- лыгъдысты йæ зæрдæхæлар ус Дуду æмæ йæ рæсугъд чызг Азауимæ. Мад æмæ чызг дæр хæсты рæстæджы удуæлдай куыст фæкодтой. 6
Хæсанæ бынозтæй æхсызгон улæфт скодта æмæ та йæ зæрдæсæр балхъывта йæ рахис къухæй. Шофыр уымæй размæ дæр <бафиппайдта, Хæсанæ куыд афæлурс æмæ йæ зæрдæсæрмæ куыд февнæлдта, уый. Фæлæ йæ уæд бафæрсыш йæ цæсгом нæ бахъæцыд; ныр æхсызгон улæфт куы скодта æмæ ма йæ былтæ дæр ху- дæи змæлд куы бакодтой, уæд æй афарста: — Цæф дæ миййаг? — О, цæф! Хæсты размæ фæцæф дæн!—иоджы хъæл- дзæгдæрæй загъта Хæсанæ. йæ хъуыдыты зилдух код- той йæхи биноптæ дæр æмæ Азауы биноитæ дæр. «Цы- мæ мыл чи раздæр сæмбæлдзæн? Азау? Уый æнæнхъæ- лæджы амондджын хъуыддаг уаид. Нæхиуæттæм та хæрзæггурæггаг фæуаид!» — йæхииымæры хъуыды код- та Хæсанæ. Фарныхъæуы дæллаг кæронмæ куы схæццæ машинæ, уæд фæндаг дыууæ дихы фæцис. Шофыр баурæдта йæ машинæ æмæ Хæсанæйæн загъта: — Мæн Ленины уынгыл цæуын хъæуы. — Мæн дæр. Дæ хорз хорз у, æххæст мæ уæлдæр сдав. Машинæ тахт хъæууыигты. Хæсанæйы сæры зилдух кодтой алыгъуызон хъуыдытæ: куы сæ хæдзары февзæры æмæ йыл йæ ныййарджытæ цин кæнын-ц, куы колхозон быдырты, цыма мæнæуы хуымтæ фæйлауынц æмæ уый та се ’хсæн лæууы æмæ йæ уддзæф рæвдауы, куы та, цыма хæсты быдыры фехæлд сармадзаны фæстаг нæодыг, æмæ уый фæздæг зæххы сæрмæ сабыргай куыд тайы, уымæ кæсы; йæцæстыты раз фсвзæрд, хи фыды цæстæй кæмæ каст, уыцы Æхсараты Мысост. Уыимæ хæсты фæн- дагыл кæронмæ фæцыдысты иумæ, фæлæ Берлииы ба- бырсты Хæсанæ фæцæфис æмæ фæхицæп йе ’мбæлттæй. Уаэдæй фæстæмæ нал райста йæ зынаргъ Азауæй дæр писмо. Стæй канд уымæй нæ, фæлæ йæхи ныййарджы- тæй дæр. Æмæ уый Хæсанæйæн йæхи аххос уыди, уæв* гæ. Ома сын мæ цæфы хабар куы фехъусын кæнон, уæд бинонтæ мæт кæндзысты, фæлтау банхъæлмæ кæсон сдзæбæхмæ. Афтæ бакодта, Ростовы куы фæцæф, уæд дæр. Цалынмæ сдзæбæх, уæдмæ нæ фехъусыи кодта йæ ныййарджытæн, цы йыл æрцыд, уый. 7
Шофыр машинæ æрурæдта, Мысост æмæ Арысханы хæдзары астæу цы тыргъ кулдуар уыдис, уый раз. — Æз схæццæ дæн, æмбал хистæр лейтенант! — цæ- мæй йын кулдуар’бакæной, уый тыххæй сигнал радта шофыр. — Æз дæр схæццæ дæн, æмбал Цыммырз, — ’кабин- кæйæ рахизгæйæ, загъта Хæсанæ. — Нал мæ базыдтай? Цыммырз исдуг джихæй касти. Хæсанæмæ, стæй æваст фæхъæр кодта: «Хæсанæ!» — ныхъхъæбыс æй кодта. Хæсанæ та Цыммырзы уæхсчы сæрты уыцы зы- дæй каст кулдуары байгоммæ. Уысмы бæрц рæстæг са- хатæй даргъдæр æнкъардта. Фæсдуар æхгæнæн хъилимæ чи архайдта, уый кæд нæ уыдта, уæддæр æм йе змæлд- тытæм гæсгæ фæкаст сылгоймаг æмæ, йæ цæстытæ ба- цъынд кæнгæйæ, йæхи афарста: «Чи уа? Мæ мад, мæ хо, æви Азауы мад, гъе та Азау йæхæдæг?» Æппынфæстаг байгом дуар æмæ Хæсанæйы цæстыты раз февзæрд Азау. Сырд æхсæлы къæрццæй куыд фес- тъæлфы, уый стъæлфт фæкодта Азауы зæрдæ Хæсанæйы æвиппайды фендæй. Исдуг йæ дзыхы дзырд нал бадт. Нал арæхсти дзурынмæ Хæсанæ йæхæдæг дæр. Æмæ дзы æниу цæй дзурын хъæуы, кæд æмæ дыууæ уарзæгой зæрдæйы æнæсдзургæйæ дæр кæрæдзи тынг хорз æмбæрстой. 2 Сырхауты Хæсанæ йæ хæстæджытæй дæр иикæй ма абæрæг кодта, йæхимæ йын цы ’рбауадысты, æндæр, аф- тæ хъæубæсты иууылдæр базыдтой, хæстæй кæй сыз- дæхтис, уый. >Районы хидæуттæй бирæтæ Хæсанæмæ басидтысты,, ныхас кодтой йемæ. Алчи дæр æй хуыдта йæхимæ кусын- мæ, фæлæ-иу сæ алкæмæк дæр загъта: «Хорз, ахъуыды кæндзынæн æмæ дын уæд дзуапп ратдзынæн». Хæсанæ кодта хæдзары куыстытæ. Цыбыр рæстæгмæ сарæзта сæ хорз сыхаг, сидзæргæс Уырымты Фарийы уаты рудзгуытæ, барæвдз ын кодта йæ дуæрттæ дæр. «Цалыпмæ исты куысты ныллæууон, уæдмæ ма йын æх- хæст пæ цæхæрадонæн æмбонд дæр куы саразин. Уис- 8
тæй сбийын къухты нæ бафтдзæн. Колхозæй хъæуы гал- тæ’, гъе бæхтæ ракурын. Æмæ ратдзысты тйеккæ куыст- мæ ацæуып афон?» Кæд йæ фыд Арысхан колхозы сæр- дар уыд, уæддæр ыл йæ зæрдæ нæ дардта. — «Стæй куы радта, уæддæр хъæд дард, пыхс цæгъдын хъæуы, ракæ- нын хъæуы михтæ дæр. Фæлтау ын æй ацы аз сындзæй æрæхгæнон», — хъуыдытæ кодта Хæсанæ. Иу бон сæ зæронд хæрæг баивтыгъта, араст æввахс- дæр доны бьглмæ сындз цæгъдынмæ. Æрдз йæ- рæсугъд дарæс кæд нæма скодта, уæддæр бирæ циндзинад лæвæрдта Хæсанæйæн. Райсомæй хур- зæрииы фыццаг минæвæрттæ схъазыдысты фæлурс ди- динджыты фæлмæн æмæ уæздан сыфтыл. Сæууон æртах сыл афтæ сæрттывта, цыма сæ исчи сойæ байсæрста. Исдуг йæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг фехæлд. йæ цæсты раз февзæрд Азау. Мæты йæ баппæрста. Фæлæ бæлвырдæй нæ зыдта цæмæн æм фæхæрам но, цæуылнæ йæм æрба- уадис; уæлдайдæр пыр хæрз сыхæгтæ куы сты, уæд? Цæ- уылнæ мæ бафарста мæ цыппар азы хъизæмæрттæй? Сæ кæрты дæр ыл мæ цæст куы нал æрхæцыди. Æви мын æрыздæхъш æнхъæл нал уыд, аивта мыл йæ зæрдæ, ссардта æндæры? Нæ, уый нæ уырны мæн. Фæлæ афтæ у, зæгъгæ, æмæ æцæгдæр базыдтон Азау амондджын у, уæд бабыхоин цыфæнды зынæн дæр, уæддæр мын хъыг нæ уаид. Фæлæ мæ рис бирæ фæрогдæр уаид, ахæм рæс- тæджы мæм йæхæдæг æргом куы рацæуид æмæ мын куы зæгъид: «Хæсанæ, æндæр гæнæн мын нæ уыд». Фæлæ ныр та ницы зонын мæ сæрæн. Ирæйы афæрсынмæ хъа- выдтæп æмæ уый дæр цавæрдæр æрхæпдæг зæрдæйæ цæуы. Нæ, фæлæ Ирæимæ ма фæхыл уой, — фæкъæпп кодта Хæсанæйы зæрдæ. — Ирæйы тæккæ изæр æнæ б,а- фæрсгæ нæй. Хæсанæ уæрдоны гуыффæйы цы зæронд хосы бын- дзыг уыд, уый æрæвæрдта хæрæджы раз, йæхæдæг рай- ста фæрæт æмæ бавнæлдта сындз цæгъдынмæ. Суанг изæрмилтæм фæкодта сындз. Стæй сындзытæ иугай-ды- гай æрбаласта -уаэрдоны цурмæ. — Фылдæр нæ афæраздзæн хæрæг, — ахъуыды код- та Хæсанæ уæрдоны цур сындзыты цагъдмæ кæсгæйæ,— фæлтау иннæтæм та райсомæй раджы æрбауайдзынæн. 9
Сындзытæ райдыдта уæрдоныл амайын. Цæмæй би- рæ бынат ма ахсой, уый тыххæй сæ фæрæты цæгатæй хоста бынмæ, уæрдоны гуыффæйы. Байдзаг кодта йæ уæрдон. «Фæ-гъæй» кодта хæрæгьм æмæ йæ фæндаг са- рæзта хъæуырдæм. Цы у сындз? Дæрзæг, æвидыц. Фæлæ Хæсанæйы зæр- дæмæ, хосы цъынайы хуызæн, амад сындзыты уæрдон бауагъта стыр циндзинад. Уый уыдис сабыр царды рæс- тæджы Хæсанæйы фæллойы фыццаг æвдисæидар. 3 Дьжкаг бон дæр Хæсанæ ласта сындз. Райсомæй фыццаг цыд ,куы æрбакодта, уæдмæ йæм æнхъæлмæ кас- т.ис Фари. Кæд æй Хæсаиæ нæ уагъта кусын, уæддæр ьгн уый æххуыс кодта: архайдта, йæ куыст ын цæмæй фæ- рогдæр кодтаид, ууыл*. Хъæуы лæппутæ сцæйцыдысты окъоламæ. Салам рад- той Хæсанæ æмæ Фарийæн, стæй уыцы иу æвнæлд фæ- кодтой сындзытæм æмæ сæ /кæрты бамидæг кодтой. — Стыр лæгтæ аут, — раарфæ сын кодта Хæсанæ. — Уæ ныййарджыты фæндиаг фæцæрут, мæ хуртæ,— загъта сын зæрдæхæлар Фари дæр рæвдаугæ хъæлæсæй. Ахуыргæнинæгтæ атагъд кодтой скъоламæ. Хæсанæ та, хæрæг иу чысыл йæ фæллад суадза, зæгъгæ, сагъта михтæ. Ногæй та иæ сæры зилдух кодтой Азауыл хъуыды- тæ. Знон изæр бинонтæ æхсæвæр куы бахордтой æмæ йæ хо Ирæ къустæ куыддæр ныхсадта, афтæ схуыссы- ди, мæхи хорз ’йæ хатын, зæгъгæ. Хæсанæйы’ кæд фæн- дыд Ирæимæ аныхас кæнын, Азауы тыххæй, уæддæр тыхст сахат йæ хойы нæ бахъыгдардта. Æрмэбст æй афарста дохтырмæ дын суайон æви нæ, зæгъгæ. Фæ> лæ йын Ирæ куы загъта «дохтыр ницæмæн хъæуы», уæд æй йæхи |бар ныууагъта. Иу цалдæр касты бакодта Азауты рудзгуыты ’рдæм, фæлæ сыл уыдис хызæмбæр- зæнтæ æмæ сæ æттæмæ ницы зынд. Уæвгæ йæм йæ зæр- дæ афтæ дзырдта, цыма Азау ис мидæгæй æмæ йæм хызы зыхъхъыртæй æттæмæ кæсы. Æмæ, æвæдза, нæ рæдыд Хæсанæйы зæрдæ. Азау æцæгæй дæр лæууыди 10
рудзыиджы цур æмæ х#зы зыхъхъыртæй касти, цып- пар азы дæргъы æрхъæцмæ кæй æрцыдыл нæ хъæцыди, уыцы Хæсанæмæ. Ох, куы æртонид пыртæккæ хыз, куы фегэм кæнид рудзгуытæ æмæ йæм, маргъау, куы атæ- хид. Фæлæ цы загъдæуа Хæсанæны мад Дзæкайæн, хис- тæрты дзыхы йæ чи бафтыдта. Раздæр, дам, уæ сли- дзын хъуыди ардæм, ныр, дам, мæ чындз Азауханмæ дæр мæ цæст хуыздæр дардзынæн. Куыддæр, "дам, Хæ- санæ фронтæй æрыздæха, уый дыккаг -къуыри та, дам, сын алæмæты чынд’зæхсæв скæндзынæн. Æмæ уыдон та иууылдæр уыдысты Ирæйы мигæ. Уый хъуыддаг йæ ма- ды хъусгы куынæ бацагътаид, уæд цæмæй зыдтаидДзæ; ка Азау писмотæ кæмæй фæисы. Фæлæ Ирæ загъта йæ мадæн Хæсанæ æмæ Азау кæрæдзи уарзынц, зæгъгæ, Дзæка та йæ загъта Арысхан, Мысост æмæ Аминæтæн. Ныр ацу æмæ ахæм рæстæджы Хæсанæимæ дзурыныл схæц, уæлдайдæр иумæйаг кæрты. Ныййарджытæй дæ исчи æнæфенгæ »нæ фæуыдзæн. Æмæ ма сæм уæд цы цæсгомæй йакæсон. Уастæн мæ тæригъæд Ирæйы уæд, мæн Хæсанæйы цæсгæнгасæй æнæхай чи фæкодта! Аныр Хæсанæ михтæ садзын ныууадза æмæ та до- пыбылмæ сындзытæ ласыпмæ ацæуа, афтæ йæ уæлхъус балæууыд иу лæппулæг æмæ йын бам^барын кодта, пар- тийы райкомы^ фыцпаг секретарь Хестанты Уари дæм, дзуры, зæгъгæ. Хæсанаэ лæппуйы нал баурæдта, фæлæ йып загъта: — Хорз, цæугæ, æз дæр дæ æййафдзынæн. Азау кæд Фариты цæхæрадоиæй-сæхимæ хъусгæ ни-> цы фæкэдта, уæддæр бамбæрста, Хæсанæмæ чидæр кæй дзуры, уый æмæ йæ цæст дардта, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Хæсанæ ныууагъта михтæ садзьпн. Уынгæй мидæмæ ба- йста йæ кусæп дзауматæ. Æрбацыд сæхимæ. Кæд æф- сæддон нал у, уæддæр иæма раласта йæ хæстон дарæс. Уый тыххæй нæ, æмæ йын уыдон уæлдай адджындаф фесты, фæлæ сæ цæмæй раивтаид, уый йып нал баззад. Рæвдз асыгъдæг кодта йæ цырыхъхъытæ, хуылыдз къух æрхаста тарбын диагонал хæлафыл. Йæ хæдон æм фæ- каст чъизигомау æмæ Ирыстонмæ юуы цыд, уæд фæн- дагмæ цы чысыл чемодан балхæдта, уырдыгæй систа ног морæ хæдон. Фæкомкоммæ дзы ис паддзахадон 11
хæрзиуджыты дæргъæй-дæргъмæ колодæтæм. Хæдон йæ къухы дардта, афтæмæй ахъуыды кодта: «Хæссок сæ æви нæ? Ау, цæуылнæ сæ хъуамæ ахæссон, исты сæ миййаг куывдты, гъе чындзæхсæвты минаскæнгæйæ куы нæ райстон?!» — Нæ, «æ хъæуы! — æрæджиау загъта> Хæсанæ æмæ сæ фæхицæи >кодта хæдонæй. — Æнæ уыдон дæр баны- хас кæидзыыæп райкомы секретар?мæ. Цæмæк дзы хъуамæ зæгъа исчи: йæ ордентæй йæхи хъал кæны, кæд æмæ ахæм хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр пæй, ^æд. Скодта йæ хæдоп, фæтæн ронæй æигэм æрбабаста йæ астæу, ныккодта йæ худ æмæ рахызт сæ кæртмæ. Азауы зæрдæ тынг барухс Хæсанæйы уындæй. Уый фæ- тæн уæхсчытæ æмæ риуы гуыдырыл рæсугъд бадти æфсæддон хæдон. Йæ цырыхъхъытæ йын цыма исчи ла- кæй байсæрста, уый æрттывд кодтой. Иу каст ма фæкод- та Азауты рудзгуыты ’рдæм, стæй араст партийы рай- коммæ. Хæдзæрттыл зыпд хæсты ностæ, сæ къултыл зынд автоматты æм^е пулеметты нæмгуыты фæд. Вирæтæн сæ нæрттæ æркалдысты, бирæтæ та дзы æртхутæг феста- дысты. Фæлæ Фарныхъæу, карз хæстыты чи бахсыст, ахæм фæлтæрд салдатау, каст сæрыстырæй. Цыма Хæ- санæйæн дзырдта, зæгъгæ, тæрсгæ -ма кæн, тагъд та байгас уыдзысты мæ хъæдгæмттæ. 4 . Партийы райкомы секретарь Хестанты Уарп бадт йæ кабипсты æмæ æдзынæг каст стъолыл тыгъд районы картæмæ. Кæд иунæг уыд, уæддæр йæкиимæ пыхастæ- нæгау кодта: «Афтæ, хорз, иттæг хорз. Ам та рæвдз «æ цæуы хъуыддаг»... æмæ йæ къухы цы ставд сырх къа- рандас уыд, уый цыргъ фыпдзæй цыдæртæ иысап кодта йæ разы æвæрд блокдоты. «Сæуæхсиды» колхозы электрон стапцæ аразыпæн фсх- хуыс хъæуы», — чысыл ахъуыдыйы фæсг^е Уаря къа- рандас картæйыл æрæвæрдта. Уарийы кабинеты дуар сабыргай бакодта æмæ ми- дæмæ бахызт бæрзондгомау сылгоймаг, йæ техникон сек- ретарь Симæ æмæ йын загъта: — Иу фронтэвик дæ агуры. 12
— .Мидæмæ йын зæгъ! Симæ байгом кодта дуар æмæ, хæстонæн фæндаг рат- æмас, ацамыдта сæрæй: мидæмæ, зæгъгæ. -- Бацæуыны бар ис? — афарста Хæсанæ æмæ дзуап- мæ дæр нал банхъæлмæ кастис, афтæмæй бахызтис ми- дæмæ. Симæ рахызт æттæмæ æмæ йæ фæстæ дуар рахгæдта. Уый бæлвырд ницы базыдта чи у æфсæддон æмæ йæ цы хъæуы Уарийæ. Уæвгæ йæ фидарæй уырныдта, кæй фæзынд, исты æххуыс ын цæмæй бакæной, уый тыххæй. Æвилпайд йæ хъустыл ауад кабинетæй Уарийы худын. Симæ фæуагъта йæ мыхуыркæнын, байхъуыста лæмбы- нæгдæр, фæлæ иицы бамбæрста, цæуыл худтысты, уы- мæн. Хæсаиæ иниæтæн куыд æмгъуыдтæ кодта ахъуыды кæндзынæн, зæгъгæ, афтæ нæ бакодта Уарийæп, фæлæ йын æргомæй радзырдта йæ зæрдæйы фæндон. Хæсты мидæг дæр Хæсанæ æппæтæй тынгдæр мысыд йæ райгуырæн хъæу, йæ колхозы быдыртæ. Уæззау хæсты быдыры-иу знæгты куы фæсырдтой сæ акъоппытæй, уæд ып-иу карз тэхы фæстæ уæлдай адджындæр уыд, цы акъоппытæ байстой, (уыдонæй ис- кæцыйы зыхъхъырæй цъæх арвы риумæ фæлгæсын. Ахæм изæр ын-иу йæ зæрдыл æрбалæууыи кодта хæсты агъоммæйы бонтæ, колхозоп уæрæх быдыртæ. Зæрдæрай фæллойы фæстæ-иу йæхи хорз снадта Урс- доны. Уый фæстæ-иу колхэзы ^быдырон станы фарсмæ бæласы бын цъæх нæууыл æрытыдта йæ уæйлаг сау <иы- мæт, æрхуыссыд-иу ыл æмæ-иу йæ цæстæнгас сарæзта сатæг арвмæ. Цас æмæ цас æхсызгондзинад лæвæрдтой Хæсанæйы зæрдæйæн мин-мин стъалыты тыбар-тыбурæй хъазт æмæ хъæлдзæг мæйы æвидигæ худт. Цал æмæ- иу цал рæсугъд хъуыдыйы ивтой сæ кæрæдзи Хæсанæ- йы сæры. Ахæм æхсæвтæ-иу уыдысты уæлдай рæсугъддæр. Мæй æмæ стъалыты рухсæй æрттывтой æнусон цъити- тæ. Æрсабыр-иу сты мæргътæ сæ цъыбар-цъыбурæй, фæлæ-иу фæтынгдæр арф кæмттæй уæрæх быдыртæм бырсæг хæххон доны тызмæг улæнты сæр-сæр. Искуыцæй-иу рог.уддзæф куы фæзынд, уæд-иу са- 13
бьгргай базмæлын кодта бæлæсты сыфтæртæ. Сусæг сы- бар-сыбур-иу ^бакодтой бæлæстæ, цыма Хæсанæйы рæ- сугъд хъуыдытæн æрбайсæфынæй тарстысты, уыйау, æмæ та-иу уайтагъд фæхъус сты. Рог уддзæф-иу куы сæмбæлд Хæсанæйы фæллад буарыл, уæд-иу æхсызгон змæлд бакодта. Ныр дæр ыл, цыма, уддзæф сæмбæлд, афтæ «уыддæр фестъæлфыд йæ мидбынаты. Фæхъуыды кодта: секре- 1арь æм кæй æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ. — Колхозон быдыртæм бæллыдтæн хæсты быдырæй дæр æмæ мæ тыиг зæрдяагæй фæнды ,нæхимæ, «Уæла- хизы» колхозы кусын. Уарийы фæндыд уæвгæ Хæсанæйы райкомы аппарат- мæ æрбахонын, фæлæ йып йæ фидар фæндон куы фе- хъуыста, уæд йæ ныхмæ ницыуаш сдзырдта. Куы хицæн кодтой, уæд йæ бынатæй сыстад Уари, дуары онг рахæццæ кодта Хæсанæйы æмæ йын, йæ къух зæрдиагæй нылхъивгæйæ, злгъта: — Фæндараст у, Хæсанæ, мæ цæст дын уарзы кол- хозон быдырты дæр уæлахиздзинæдтæ. 5 Районы сæйраг уынджы рахис фарс дæргъæй-дæргъ- мæ дыргъдоны кæрон зынд агуыридурæй арæзт æттæг- уæлæ ’бæстыхай. Уый у, Хæсанæ дæс азы дæргъы кæм ахуыр кодта’, уыцы скъола. Хæсанæ Уарийæ куы фæхицæн, уæд йæ зæрдæ нал фæлæууыд, стæй йæ бафæндыд йæ уарзон ахуыргæн- джыты а<бæрæг кæнын æмæ йæ фæндаг ракодта скъо- лайыл. Скъолайьг кæртæй нæ хъуыст ахуыргæпинæгты хъæлдзæг хъæрахст, уыд сабыр.’Скъолайы кæрты ауыд- та бæрзондгомау, хæрзæлвæст нæлгоймаджы. Уый иу- нæгæй, цыма йæ къахдзæфтæ нымадта, уыйау, сабыр- гай зылд кæрты. Уыдис ыл бур туфлитæ, сау хæлаф, ирои тарбын хæдон, нарæг æргъæвæгджын ронæй йæ астæу рог æрбалвæста. Дардта кæсæнцæстытæ. Хæсаиæ базыдта йæ уарзон ахуыргæцæг Гагуыдзы. Хуры тынтæ- иу куы сæмбæлдысты Гагуыдзыл, уæд-иу ферттывтой йæ кæсæнцæстытæ. Хæсаиæ фæтагъддæр кодта йæ къахдзæфтæ æмæ 14
бацыд Гагуыдзмæ. Гагуыдз æм æдзынæг бакаст, фæлæ яæ баууæыдыд йæ цæстытыл. Кæсæнцæстытæ фындзы рагъыл фæхæцынкæнгæйæ, ноджы æдзынæгдæр бакаст, йæ разы æфсæддон дарæсы чи æрлæууыд, уьгмæ. Стæй йæ цæсгомæй æр^байсæфт дызæрдыгдзинад æмæ фыр- цинæй сдзырдта: — Хæсанæ! — Гагуыдз йæ риумæ æрбалхъьгвта Хæ- сапæйы. Исдуг дыууæ дæр, цыма фæджих сты, уыйау аззадысты æнæ исты дзургæйæ. Гатуыдз Хæсанæйыл лæмбымæг æрхаста* йæ цæстæнгас, æрхæцыд ын йæ цон- гыл æмæ йæ б’ирæ фæфарста йе ’фсæддон цардæй, цы хъæуты, »цы .гэрæтты хæцыд, цавæр бæстæтæ федта æмæ дарддæр цы кæнынмæ хъавы, уыдæттæй. Хæсанæ, цьгма уæлдай дзырд зæгъыиæй тарсти, уы- йау йæ ахуыргæнæджы фарстæн лæвæрдта цыбыр дзуаппытæ. Уыцы хъуыддаг Гагуыдзæн уыд уæлдай æх- сызгандæр. Нæ фæдзæгъæл йæ бирæ азты фæллой. Стыр хъуыды аив «æмæ цыбыр ныхасæй зæгъыныл æй сахуыр кодта Гагуыдз йæхæдæг. Æгшппайды, цыма Гагуыдзыл æнæнхъæлæджы маст сæмбæлд, уыйау фæтарис йæ хъæлдзæг æнгас. Хæсанæ аивæй йæ цæст ахаста, Гагуыдз кæцырдæм касти, уыцы ’рдæм æмæ цудтытæгæнгæ фæцæйцæугæ федта Бадджериты Цæргæсы. Гатуыдз уæззау сулæфыд, фæлæ ,дзургæ ницы скодта. Хæсанæ бамбæрста цæй бæрц зын у Гагуыдзæн ахуыргæнинаджы æгуыдзæгæй уыпын. Фæлæ, цыма Цæргæсы нæ федта,ницы бамбæрста, йæхи афтæ дардта. Ныццагъта дзæпгæрæг æмæ кæртмæ ракалдысты ахуыргæнинæгтæ. Кæрт базмæлыд. Райхъуыст хъæл- дзæг уьщæр. Кæрты фæзындысты ^скъоладзаутæ æмæ къорд ахуыргæнæджы. Уыдон амбырд сты Гагуыдз æмæ Хæсанæйы алварс. Ахуыргæнджытæй бирæтæ Хæ~ санæйы сæ хъæбысы акодтой. Ног ахуыргæнджытимæ та йаз зонгæ бакодтой. Хæсаиæ канд Гагуыдзы уарзон ахуыргæнинаг нæ уыд, афтæ бирæ йæ уарзтой иннæ ахуыргæнджытæ дæр. Зыдтой йæ ахуыры раззагдæр æмæ æгъдауджындæрæй. Хæсанæ хæсты рæстæджы сси онгджындæр, карджындæр. Уын бафиппайдтой йæ зон- гæ ахуыргæнджытæ. Историйы ахуыргæнæг Лизавета 15
Семеновна хæстæгдæр бацыд Хæсанæмæ æмæ йын загъ- та: — Хорз уаид æмæ куы саразиккам скъоладзаутимæ фембæлд. Радзурис сын дæ хæстон фæидаджы тыххæй. — Раст зæгъы Лизазета Семеиовна, — фæйнæрдыгæй сдзырдтой, Хæсанæмæ хатæгау, ахуыргæнджытæ. Хæсапæйы цæсгомыл фæзынд æфсæрмы æнгас. Лизавета Семеновна йæ фæндон куы дзырдта, уæд Гагуыдз та аивæй каст Хæсанæмæ æмæ уый куы фе- фсæрмы, уæд цавæрдæр сусæг циндзина’д бахызт Гагуы- дзы зæрдæадæ. Рæсугъд хъуыдытæ февзæрд йæ сæры: «Нæ ныббуц йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй, йæ бирæ хæрзиуджытæй. Нæ аивта йæ зæрдæйы бæллицагдæр миниуджытæ». Æмæ уыцы хъуыддагæй та Гагуыдз уыд сæрыстыр, уымæн æмæ дзы уыдта йæхи фæллой дæр. — Афтæ, мæ хур, саразын хъæуы фембæлд, — загъ- та Гагуыдз дæр.—фæлæ ам, скъолайы, æви колхозы уый фæбæл|вырддæр хъæуы. Дзæпгæрæджы хъæр азæлыд дардыл. Скъоладзаутæ тагъд кодтой кълæстæм. Хæсанæ фæхицæн йæ ахуыр- гæнджытæй. Цыд сæхимæ хъуыдыгæнгæ. Ныр хъуа- мæ фембæла скъоладзаутимæ, радзура сын йæ хæстон царды фæидаг. «Ау, æмæ сын цы дзурдзынæн? Мæхи тыххæй? Куыд хæцыдтæн? Цал хæрзиуæджы райстон? Æмæ æз уыдэ- ныл куы дзурон, уæд мæм цы- цæстæй хъуамæ кæсой мæ хæстоп æмбæлттæ, хи фыды цæстæй кæмæ кастæн, уы- цы Æхсаратьг Мысост, Тохты Фидар, мæлæтæй мæ чи фервæзын кодта, уыцы Бадджериты Цæргæс, кæнæ мæ ахуыргæнæг Гагуыдз? Нæ, раст æвæрд нæу фембæлды фарста»,—хъуыды кодта Хæсанæ. Æвиппайды йæ цæс- гом фæрухс, йæ сæры февзæрдысты диссаджы рæсугъд хъуыдытæ æмæ загъта: — Æнæмæнг дæр саразын хъæуы ахæм фембæлд! УАЛДЗÆДЖЫ КЪÆСÆРЫЛ Сондонджын 'КОМ1Ы раком.коммæ доны рахис фарс æрцардысты Фарныхъæуы дыууæ колхозы «Уæлахиз» æмæ «Размæ». Раитуалдзæджы хуры тынтæ сæхи æиæ- 16
втъау калдтой дунемæ. Фемæхстысты тæдзынджытæ. Бирæ хæдзæртты сæр мит бынтондæр атадис. Уынг- ты æлыг сыджыт ты.нгдæр балæхъир æмæ дзы арф ныхстысты уæрдæтты цæлхытæ. Колхозы разамон- джытæ знсн бæрæг кодтой, уалдзæгмæ цас цæттæ сты, уый. Æппæт бригæдтæ æмæ звенотæ сæ кусæг фос æртардтой хъæугæронмæ, æрбаластой сæ кусæнгæр’зтæ дæр. Ахæм ахсджиаг бон ’уыд колхозты тыхтæм æркас- ты бон. Колхозонты цæсгæмттыл хъазыд цины æнгас. Рагуалдзæг сын хаста йæ хъарм, рæсугъд базыртыл цар- ды цин æмæ æхсар. Дæргъæй-дæргъмæ комбайнтыл фи- даргонд уыдысты сырх тырысатæ, плакаттæ. Се ’хсæп районы цæугæ сырх тырыса сæууон рæууддзæфмæ змæ- лыд, денджызы улæнтау. Тырысапыл бронзæйæ фыст рæсугъд дамгъæтæ, сыгъзæрипау, тыбар-тыбургæнгæ, æрттывтой зынг хуры тынтæм. Колхозонтæй бирæтæ сæхи скодтой бæрæгбоны арæзт æмæ булкъдастæй фæзыпдысты ардæм. Ардæм фæзынд фронтовик Бадджериты Цæргæс дæр урс цыллæ хæдон, раст саст галпфе хæлаф æмæ æрттиваг цырыхъ- хъыты. Даргъ папиростæ кæрæдзийы фæдыл пъæртт кодта. Дыууæ колхозы адæм дæр лæууыдысты къордтæ- къордтæй æмæ алы пыхас кодтой. Иу гутоны къухмæ уæгъд баст уыдн лыстæг гæрзæй колхоз «Размæйы» уырс, йæ разы хосы чысыл бындзыг калд. Уырсы айчывдылды хуызæн, рæсугъд буар лæджы цæст йæхимæ сайдта. Р1æ нуарджын æлвæст бæр- зæйыл зулаив хæцыд æмæ йæ фидауыцджып сæрæй уæздап кувæгау кодта. Ацы уырс схъомыл «Размæйы» колхозы. Чысылæй фæстæмæ уыд сабыр æмæ йæ уымæ гæсгæ рахуыдтой «Чырыстон» дæр. Уæдмæ æрбаластой колхоз «Уæлахизы» уырсы дæр. Уый та уыдис сынты базырæй саудæр. Уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой Аласа. Бæрзонд, дæргъвæтии, фырхъал æмæ фыдæзнæт. Куыддæр «Размæйы» уырсы ауыдта, афтæ алæууыди йæ фæстæгтыл, идонимæ фелвæста, чи йыл хæцыд, уый дæр. Æмæ уый, йæхицæн фæтæрсгæйæ, ндон феуæгъд кодта æмæ йæхи иуварс аппæрста, цæмæй нæ уырсы раззаг къæхтæ ма æртъæпп кодтаиккой. Ала- 2* 17
са куы феуæгъд, уæд батахт «Размæйы» уырсмæ. Фæлæ Чырыстон сабыр вæййы, цалынмæ йæ хъыгдарæг нæ вæййы, уæдмæ. Уый фæстæ йæ сабырæй мауал дом. Уый куы федта сау уырсы æрбацæйзгъоргæ, уæд стыдта йæ гæрз æмæ æртæ гæппæн балæууыд Аласайы размæ. Ныццавтой дыууæ бæхы кæрæдзийыл сæхи. Се ’ввахсцы колхозонтæ уыдис, уыдон фæйнæрдæм фæпырх сты. Бæхтæ-иу сæ фæстаг къæхтыл алæууыдысты æмæ раз- заг къæхтæй, гъе риуы гуыдырæй цавтой кæрæдзи, лæ- бурдтой кæрæдзимæ дæндагæй, куы та-иу цæхгæр фæ- зылдысты а?мæ тыхджын зæвæтæй кæрæдзи цавтой. Райдианы сæм чидæртæ стыр цымыдис æмæ æхсьп- гонæй кастысты. Дыууæ къæдзæхы хуызæи уырсы хып- мæ бакæсын уыд алæмæты диссаг. Зæвæтæй-иу кæрæ- дзи куы ныццавтой, уæд-иу цыма дыууæ фыры кæр&- дзи шыггуыпп ластой. ’уыйау-иу къуырма нæрд акодта сæ цæф. -- Кæрæдзи амардзысты! Цæмæ сæм кæсут, гормæт- тæ! — райхъуыст кæйдæр хъæрныхас. Цæргæс уæды онг дæр æнхъæлмæ каст кæд, зæгъгæ, фæсивæдæй исчи йæ лæгдзинад равд’исид. Фæлæ дзы с-хæм куы пæ зынд, уæд иу дæс къахдзæфы æввахсæн бацыд уырсытæм æмæ та бæхтæ сæ фæстаг къæхтыл куыд алæууыдысты, афтæ йæхи уарийы скъæрд бакод- та æмæ Аласайыл багæпп кэдта. Знæт уырс æвиппайды уаргъæй фæтарстис, цалдæр хатты йæ фæстаг къæх- тæй тыиг счъыллипп кодта, фæлæ барæджы куы нæ рап- пæрста, уæд йæ фæстаг къæхтыл алæууыд æмæ йа*, риуы гуыдырæй зæхх æрцавта. Барæг уæддæр пæ ахауд. Уæдмæ Цæргæс уырсы фæцарæзта дзæгъæл быдыры ’рдæм æмæ, афтæ зæгъæн ис, йæ тахтыл цæст дæр нæ хæцыди. Адæмæй бирæтæ, уæлдайдæр та сылгоймæгтæ, тынг фæтарстысты æрра уырс æй амардзæн, зæгъгæ. Фæлæ цыма Цæргæсы исчи æнæ. саргъ бæхы рагъмæ хуыйгæ бакодта, уыйау бадт, размæ йæхи ныггуыбыр кæнгæйæ, æмæ тæхгæ-тæхын уырсы идон йæхимæ æр- баскъæфта. Уæвгæ, цалынмæ идоныл нæ фæхæст, уæд- мæ та фидар хæцыдис бæхы бæрзæйы бецыккыл. Бе- цыккыл хæцгæйæ, .уый миййаг йæхицæн ахауынæй нæ тарсти. Нæ! Уый тарст бæх идоныл куы фæлæууа æмæ 18
куы фæкæла, йæхи æвзæр куы ныццæва, уæд æвæджи* ауы уырс фæсахъатджын уыдзæни, зæгъгæ. Фæлæ иу- гæр идон йæ къухты куы бафтыд, уæд æй барæй аздæх- та лæгъз фæндагæй хуым зæххыты ’рдæм, иу цалдæр къалауы сæрты дæр æй агæппкæнып кодта. Кæд Аласа йæ фадхъултæм ныхст рагуалдзæджы фæлмæн зæххы, уæддæр йæ тахтыл цæст нæ хæцыди, йæ къæхтæй цы умæл сыджыты къуыбæрттæ æппæрста, уыдоп-иу йæ фæстæ уæлдæфы стахтысты. Æппынфæс- таг фæлмæи сыджыты зæххыл згъорын фæзынис уыр- сæн æмæ уæззау дугъкæнын байдыдта. Иу аст киломе- трæй фылдæр куы а)уадис бæх размæ, уæд Цæргæс йæхи- пымæры ахъуыды кодта, пыр ын, æвæццæгæн, фæстæмæ аздахын афон у, зæгъгæ, æмæ бæхы фæстæмæ фездæх- та. Иу æртæ километры азгъэрды фæстæ уырсы фæу- рæдта йæ гæпдугъæй æмæ йæ ауагъта сæпп-сæппæй. Ьæхы цыма исчи найгæ ныккодта, афтæ схиди. Бæхы ра- гъы хидæй схуылыдз Цæргæсы хæлаф дæр. Æппынфæс- таг уырсы æрбауагъта сосæ фæндагмæ æмæ сабыр къахдзæфтæй цыдис хъæугæронмæ. Цæргæс фæкаст хъæугæроны ’рдæм æмæ обау адæмæй нал зынд. Цæ- виттон, Цæргæс уырсыл куы багæпп кодта, уæд цæсты- фæныкъуылдмæÆнæном обауы аууои фæцис. Адаэм раз- гъордтой уыцы обауы сæрмæ. Иутæ, уыцы диссаджы тэх æрра уырс æмæ Цæргæсы ’хсæн цæуыл фæуыдзæн, уый уынынм’æ. Иннæтæн та сæ зæрдæ рысти Цæргæсыл æмæ уый тыххæй. Дæлæмæ згъоргæйæ, къанауты сæр Цæргæс цал хатты багæппкæнын кодта уырсы, уал хат- ты-иу бирæтæ сæ цæстытæ фæцъынд кодтой, тарстысты йын бæхы рагъæй асхъиуынæй. Фæлæ Цæргæс нæ ахауди. Уырсы сабыр къахдзæфтæгæнгæ æрбакодта, чысыл раздæр йæ фæстаг къæхтыл кæм алæууыдис, уырдæм. Рæвдз агæпп кодта бæхы рагъæй æмæ йæ радта йæ хи- цаумæ. Аласайы ауынгæйæ, бамыр-мыр кодта Чырыс- тон, цыма йæ фæдзæхсгæ кодта, тыхæй мæ ницы ахæс- лзынæ, фæлтау.сабыр лæу, зæгъгæ. Цæргæс, цыма æппындæр никуы ницы æрцыди, уо1- йау йæ æрдæбоны бынаты слæууыд æмæ даргъ папирос спъæртт кодта. Уæдмæ <йæ алыварс æрбамбырд сты 19
адæм æмæ йæ цыма фыццаг хатт федтой, уыйау æм цы- мыдисæй кастысты. Нозты къупъри Цæргæс кæй хуыд- той хæсты фæстæ, уый та сæ цæсты тынг сахадыдта. Цæргæсы размæ бацыдысты районы разамонджы- тæ: партийы райкомы секретарь Хестанты Уари, райæх- хæсткомы сæрдар Радиты Дудар, колхозы сæрдартæ Æхсараты Мысост æмæ Сырхауты Арысхан, хъæубæсты хистæртæ æмæ кадджындæр зæронд лæг Сырхауты Ахберд. Се ’ппæты номæй Цæргæсæн арфæ раксдта Сырхау- ты’ Ахберд. Районы сæрмаговд къамис йæ куыст кодта дард- дæр, бæрæг кодта «Уæлахизы» æмæ «Размæйы» кол- хозты уалдзæгмæ цæттæдзинад. Бæрæггонд цыдысты, колхозтæй уалдзæгмæ чи куыд цæттæ у, стæй раззаг æмæ фæстаа- бынæттæ чи бацахста, уыдон. «Уæлахизы» колхозы сæрдар Сырхауты Арысхан йæхицæн бынат нал ардта. Цыдæр ын ’нал фаг кодта. «Ау, уый та куыд? Районы колхозты ’хсæн аккаг бы- нат ма бацахс», — хъуыды кодта йæхинымæры æмæ ма- фыр адæргæй тамако дымын дæр райдыдта. Фæлæ дзы иугæр куы раппæлыдысты, куы загътой, районы иннæ колхозты ’хсæн колхоз «Уæлахиз» бацахста фыццаг бынат, уæд, къæмдзæстыггæнаг усгур лæппуйау, йæ сырх уадултыл ахъазыдысты йæ тугдадзинтæ. йæ ны- хыл фæзындысты, сусæг тæфсæгау, хиды æртæхтæ. Зæрдæйы бацыд, фылдæр ныфс, фылдæр æхсар ын чи лæвæрдта, ахæм циидзинад. Знонæй нырмæ фæивта бынтондæр йæ хуыз. Бакæс ма йæм, дæ хорзæхæй, ба- ды абон дæр зноны бадæны, фæлæ, знонау, адæргæй та- мако нæ дымы, нæ кафынд йæ норттæ, тыхст сахаты хуызæн, сæхим’идæг, фæлæ у сабыр; кæсы æмæ фæлда- хы сыфгай, мидбылхудгæ, цавæрдæр гæххæттытæ; йæ- хинымæр кæны цавæрдæр хъæлдзæг зарæг. Бæрæг у, пæ пыхæсты йын хорз кæй нæ зоны, уый. Арæх фæ- къуыхцы вæййы, фæлæ йын уый йæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг иæ халы. — Хорз, хорз, æппæт дæр хорз, фæлæ мæм уæддæр Кæрæфбеджы тыххæй Уарийæ ныхас æрхаудта, — йæ сæр нæ разыйы ’нкъуыст бакодта Арысхан. — Эх, ирон æгъдау, цæй тыхджын дæ нырма. Ме ’фсин Дзæкайæп 20
хъыг уыдзæн, æндæра цæй завхозæн бæззы Кæрæфбег? Мах рæстæджы хи гуылы бын æндзарын хорз нæу, нæ, Дзæка. Де ’фсымæр Кæрæфбег та æрмæст йæхи гуылы бын æндзары. Æрмæстдæр йæхи ’мæт кæны. Адæм æм лымады дæр не ’сты. Аиуварс хъæуы Темыры дæр. Нæ бæззы уый дæр бригадирæн. Темыры ’Мыггаджы комкэммæ сырх къараидасæй ба- нæрдта стыр фарсты нысан, стæй та дарддæр йæ зарæг кодта. Уыцы рæстæджы мндæмæ бахызт «Размæйы» колхозы сæрдар Æхсараты Мысост. Арфæ ракодта Арысханæн. Уый дæр æм, мидбыл фæлмæн бахудгæйæ, сарæзта йæ хуыссæнхъуаг цæстытæ, цыма йæ фæрсгæ кодта, гъы, куыд дæм кæсы, ме ’рдхорд, аккаг бынат ба- цахстоп районы, æви’ нæ, зæгъгæ. Мысост кæд бамбæрс- та Арысханы хъуыдытæ, уæддæр æй нæ фæндыд дзæ- гъæл рæстæг сафын, æмæ райдыдта, къамис пы хъуаг- дзинæдтæ бацамыдта, уыдоныл дзурьтн. — Арысхан, — комкоммæ йæм бакаст Мысэст, — фыццаг бынат кæй æрцахстай, уый хорз, фæлæ дæм Кæрæфбег æмæ Темыры хъуыддаг та куыд кæсы? — Æз дæр ууыл хъуыды кодтон, — йæ размæ цы гæххæттытæ уыд, уыдои Мысостмæ æввахсдæр бакод- та Арысхап, — фæлæ кæмæй, чи нæм ис ахæм? — Ау, уыдон чи раива, ахæм нæй дæ колхозы? Дæхи фырт Хæсапæйы уæддæр афæрс. — - Гъæй, дæ боиæй дæ уа, Мысост, кæд кæдæм ба- хъавыдтæ. Уый къуырийы дæргъы районы организаци- тæ сæхимæ сайыиц, амæй йын ай хуыздæр бынæттæй зæрдæ ’вæрынц, фæлæ никуььма лæууы, ахъуыды, дам, кæндзынæи. Знон та мæ райæххæсткомы сæрдар Раднты Дудар къамисы куысты фæстæ æнæхъæн сахат уынджы пыддардта. Хæсанæйы тыххæй ныхас кодта мемæ. Фарс- та мæ хæдивæгæн, дам, мын сбæздзæн, æви нæ? — Æмæ йын цы загътай? — Хæдивæгæн дын сбæздзæн, æви нæ, нæ лæппу, уый нæ зонын, зæгъын. Фæлæ хæсты размæуыдис æнæзивæг, æгъдауджын, цумаиы — раззаг, æрийы — фæстаг. Су- анг .ма мæм хæсты быдырæй йæ командир кæй фыста арфæйы ныхæстэ^ Хæсанæйы æгъдау æмæ хъæбатыр- дзииады тыххæй, уый дæр ын загътоп. 21
-- Цыбыр дзырдæй, де ’рдхорд Дудары дæхиуыл сардыдтай. — Уый мæнæн иу лæхстæтæ бакодта, æмæ диссаг. Цыма Хæсанæйы хъысмæт лыггæнæг æз дæн. Зæгъ, дам, ын, дæ хорзæхæй, цæмæй сразы уа. Уыдзæн, дам. ын сæрмагонд кабинет, сæрмагонд машинæ, стæй, дам, дын дæхи колхозмæ дæр мæ хъус тынгдæр дардзынæн. --- Æнæ Хæсанæ йæ хъус дарынвæнд нæ кæны? — пæ мидбыл бахудт Мысэст. -- Ахæм адæмæн сæ хъуыддаг афтæ у, фæлæ хорз уаид, æцæгæйдæр, Дударæн хæдивæгæй, нæ жолхозтæн дæр пайда уаид. Ау, хи колхоз уаеддæр зæрдæмæ ’ввахс- дæр лæууы. — Гемæ кæд афтæ у, уæд ахæм хорз кусæджы хи колхозы куыстмæ æрбахонын хъæуы. -- Иу бирæгъæн, дам, æмбисæндтæ хастæуыд, æмæ. дам, афтæ: «Ауадзут мæ, уæлæ сæгъ фæлидзы». Уæдæй пырмæ дып æз цытæ дзурын, ахæм стыр быиæтты ра- зæй колхоз равзардзæп?!. — Цæмæй йæ зоныс? Бафарстай йæ? — Æз, нæма, — дзуапп радта Арысхаи æмæ фæрсæ- джы каст бакодта Мысосгмæ, •— дæхæдæг та? — Æз уæм дысоп бауадтæн, фæлæ йæ нæ баййæфтон. Колхозы хуыздæр бригадир уыд, кадджынæй нæм ссы- дис хæстæй дæр æмæ ахæм адæмтæ тынг хъæуынц кол- хозы. Уыдон бон бирæ у, тынг ’бирæ. Стæй нæм афтæ кадджыпæй чи сыздæхт, уыдонæн уæлахизы куывд~скад- нын хъæуы. —Нæ быцæу кæпын’демæ. Зпоны уæлахизы фæстæ цæттæ дæн ну „абонæй иннæмæ æнæхъæн районæн дæр пæртон куывд саразыныл. Уыцы рæстæджы колхозы хæдзармæ офицеры цы- рыхъхъыты сабыр, фæлæ хъæддых къахдзæфтæгæнгæ, бацыд Сырхауты Хæсанæ. Бахоста дуар. — Мидæмæ, — йæ ныхас фæуадзгæйæ, радзырдта Арысхап. Уаты дуар байгом кодта æмæ мидæмæ бахызт Хæ- санæ. Æрлæууыд Арысхан æмæ Мысосты раз, радта сын æфсæддон цыт, стæй Мысосты къух райста. — Кæй кой кæнай— къæсæрмæ, — сдзырдта Мы- 22
сосг æхсызгонæй, æмæ йæ фарсмæ абадын кодта Хæса- иæйы. Арысхан æппæты фыццаг дæр бакаст йæ фырты риумæ, фæлæ хæрзиуджытæн сæ кой, сæ хъæр дæр нæй, Исдуг куыддæр фæхъус. Ахъуыды кодта йæхинымæры. Афæрсыммæ дæр æй хъавыд цæуылнæ бакодтай дæ ордентæ, зæгъгæ, фæшæ йæм йæ хъуыды аив иæ фæкаст. Иу чысыл аныхæсты фæстæ Хæсанæ бамбарын код- та Арысхаи æмæ Мысостæн, зæгъгæ, кæд амал ис, уæд мæ колхозы иуысты спайда кæнут. — Гъе, уыныс куыд раст дзырдтон, — цымл афтæ зæгъынмæ хъавыд, уыйау Арысхапмæ разыйы каст ба- кодта Мысост. Арысхан та, . гуырысхойæ, каст Мы- состмæ. —Æмæ дæ цавæр куыстмæ фæнды? — афарста йæ Мысост. Хæсанæ æвиппайды дзуапп нæ радта. Уый сæхимæ куы ссыд, уын дыккаг бон бирæ ног хабæрттæ базыдта, цы колхозонтæ йæ абæрæг кодтой, уыдонæй. Тæрæзтыл барæгау ын кодтой, райдай хуымæтæг колхозонтæй, кол- хозы разамонджытæй æмæ суанг районы кусджытæй бирæты. Ныхас ын кодтой республикæйы иуæй-иу кус- джыты тыххæй дæр. Рахъаст ын кодтой Темыр, Кæрæф- бет æмæ йæ хæстон æмбал Бадджериты Цæргæсæй. Хæсаиæйы зæрдыл æрбалæууыд, хæсты быдыры-иу салдæттæ хорз, кæнæ цауд командирты коп куыд код- той, уын. Иуæй-иу хатт-иу, быцæугæнгæ, схæццæ сты суанг инæлæрттæ æмæ маршалтæн аргъкæнынмæ. Бы- цæу-иу кодтой, сæрыстыр кæмæй уыдысты, уыцы æф- сæддон ком.андæгæнджыты тыххæп. Алчи дæр-иу йæ уарзондæр маршалы æвæрдта уæлдæр. Р1æ амæлæты бонмæ никуы ферох кæндзæн мæлæг æфсæддон æмба- лы ныхас. Цыппар æфсæддонæй хъахъхъæдтой иу къуылдым. Раст сæм уырдæм фæзыидис Бадджериты Цæргæс. Цы- ма сыл хур ракаст, афтæ æхсызгоп уыдис сеппæтæн дæр Цæргæсы фенд. Уый йемæ æрбахаста писмотæ, стæй иу газет, инæлар Плиты Иссæ кæмæн командæ кодта. уыцы æфсæддон хæйтты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Га- зст фенгæйæ барухс м-æлæг æфсæддоны цæсгоад æмæ, сыбар-сыбурау, райхъуыст йæ ныхас. 23
— Цæй амондджын у йæ уарзон адæмы намысмæ мисхалы бæрц намыс чи бафтыдта. Комкоммæ нын каст нæ цæстытæм, цыма йын йæ хъæбатырдзинадæн, йæ кадджынтохы фæндагæн æппæт совётон адæм, йæ чысыл Ирыстои, йæ уарзон æмгæрттæ цы аргъ к&нынц, уый базонынмæ хъавыд нæ цæстæнга- сы, уыйау. Стæй æрæхгæдта йæ ’цæстытæ, мидбылху- дæгау, базмæлын кодта йæ былтæ æмæ .сабыр, фæсус хъæлæсæй сдзырдта: --Хæрзбон, мæ тохы æмбæлттæ. Мæ цæст уын уар- зы райгуырæи. бæстæм уæлахиздзинад æрхæссын... Уый уыдис сæхи хъæуккаг Мысосты фырт Саидыр, хæсты размæ колхоз «Уæлахизы» æхсæзæм бригады бригадир. Йæ бригады пом кæддæриддæр уыд кады фæйнæгыл фыст. Æмæ ныр кæд банцад советон хъæбатыр салдаты фæлтæрд буар йæ дыз-дызæй, кæд байгас сты йæ хъæд- гæмттæ, уæддæр ын йæ .бирæ нэстæ æдзухдæр йæ зæр- дыл лæууын кæндзысты йæ уæззау тохы фæндаг, топпы- хосы фасздæг, уымæл акъоппытæ, сæрды æнуд, зымæ- джы хъызт, æнахъом сабиты дзыпазын, капджын зæ- рæдты утæхсæн, уарзон ныййарджыты цæстысыгтæ, райгуырæи бæстæйы адæмты тохмæ оидæг егъау маст, хæсты быдыры уæхсКи-уæхак æфсымæрдзинадыл ард кæ- имæ бахордта, уыцы па’мысджып æмгæртты. Уыцы стыр тохы фæндаг иикуы ферох кæндзæн советон сал- дат. Уымæ гæсгæ Хæсанæпæп æхсызгон уыднс, хицæш кусджытæй чи цы аккаг уыдис, ахæм аргъ сын кæп кодтой колхозэнтæ, уый. — Адæмы цæст уынаг у, — ахъуыды кодта Хæсанæ. -- Хорздзинад кæнай, æви æвзæр уайтагъддæр æй ба- зонынц адæм æмæ хорздзипад куыннæ рох кæны, æв- зæрдзинад дæр афтæ нæ рох кæны. Хорздзинад чи кæ- ны,. уый адæмæн æфстау фæуары, — афтæ дзырдтой нæ фыдæлтæ дæр. Темыр уыдис хæсты размæ Хæсанæйы бригады уæнг. Зоны йæ рагæй дæр уæнгмардæй æмæ йын хъыг уыдис, ахæм æнæсæр адæймагмæ кæй æрхаудта бри- грд. Бригадир, Хæсанæмæ гæсгæ, у, хæсты быдыры сал- дæттæн командир куыд у, афтæ. Уый йæ ныфсæй хъуа- 24
мæ разæнгард кæна йæ адæмы зындæр тохты, цæуа сæ разæй æмæ сын æвдиса лæгдзинад. Афтæ хъуамæ уа колхозы бригадир дæр. Уый хъуамæ куыстмæ разæн- 1 ард 'Кæна кэлхозонты. Æмæ кæй хъуамæ сразæнгард кæна Темыр та? Искæй бæсты уал йæхи сразæнгард кæнæд. Чи загъта ис æвзæр колхозонгæ, бригадæтæ æмæ звенотæ? Ахæмтæ нæй! Фæлæ ис колхозты æвзæр раза- моиджытæ. Уыдонæй у Темыр дæр. Цалынмæ Сандыры къухы уыдис уыцы бригад, уæдмæ ерысы куысты кæд- д;гриддæр уыдис фыццаг бынатыГ Ныр Темыры аххо- сæй бригад хилы иинæ бригадты фæстæ. Цæмæн? Цæй тыххæй? Кæд æмæ |уыцы адæм кусынц уыцы бригады, уæд? Уымæп æмæ сæ бригадир у уæнгмард, зивæггæ- наг. Хæсанæйæн Темыр йæ бригады куы куыста кæддæр, уæд бирæ фэсцархайдта йе срасткæныныл. Фæлæ, карз низау, ’ныффидар Темыры уæпгты зшвæг æмæ йæм уай- ’дзæф дæр нал хъардта. Стæй йыл зивæггæпагæй фæ- цахуыр сты æмæ йын фæстагмæ уайдзæф дæр пал кэд- той, цыма афтæ æмбæлы, уыйау. Ныр Мысост куы афарс- та Хæсанæйы цавæр’куыстмæ дæфæнды, зæгъгæ, уæдХæ- санæ зæгъынмæ хъавыдис: Темыры бæсты мæ бригади- рæп сæвæрут. Фæлæ йæм хорз пæ фæкаст йæ хъуыды, миййаг мæ колхозы разамынды раст куы нæ бамбарой, уымæ гæсгæ йæхиуыл фæхæцыд. — Цы куыстæй ацыд, уый йыи æмбæлы æгъдаумæ гæсгæ, — бафиппайдта Арысхан æмæ афарста йæ фырты: — Куыд дæм кæсы? — Разы дæн алы куыстыл дæр, - цыбыр дзуапп радта Хæсапæ. Мысост æдзынæг йæ цæстæнгас æрхаста Хæсанæйыл сæрæй бьншæ. Хæсанæйы бæрзæйыл рахизрдыгæй зын- дис чысыл нос. Мысост сæрыстыр уыдис Хæсанæйы æгъдау æмæ хиуылхæцындзинадæй. Цыма хæсты иу боп дæр нæ уыдис,' йæхи’ афтæ дардта. Уæвгæ йæ уæнгты хонд, йæ цæстыты ’нгас æвдисæн уыдысты ирон лæпоу уæззау хæсты фæндагыл къорд хатты кæй федта йæхи цæстæй мæлæт. Сармадзантæ, æрвнæрæгау, кæм нæры- 25
дысты, зæххы цъар фæйвæрдæм бомбæтæ кæм хастой, кæм сыгъдысты хъæутæ æмæ горæттæ, кæм райста æнæ- хайыр мæлæт йæ цыргъ цæвæг цæрæццаг фæсивæды цæгъдынмæ, ууылты кодта ирон лæппу йæ тохвæндаг. — Стыр у, стыр, йæ фидæн Хæсанæйæн, — хъуыды кодта йæхинымæр Мысост, Хæсаиæйыл иогæй йæ цæст æрхæсгæйæ. — Мысост, Хæсаиæ кæд алы куыстыл дæр разы у, уæддæр нын алы куыстмæ не ’нтысы, уымæ гæсгæ йып йæ бæрны.бакæнæм бригад, — загъта йæ фæндон Арыс- хан. Уæвгæ та йæм диссаг каст йæ фырт районы исты стыр бынаты кæй нæ ныллæууыди’, уый. — Раст зæгъыс, Хæсанæ алы куыстмæ пе ’нтыеы пыртæккæ. — Завхоз, <кæнæ >бригадирæй. Хæсанæйæн æхсызгон уыдысты Арысхан æмæ Мы- состы ныхæстæ, фæлæ йæ мидбынаты цы базмæлыд, уый йедтæмæ иицы загъта. --Ай-ан,— зæрдæлхæнæгау фæкодта Арысхан. — Æз зоныи, — æргомæй загъта Хæсанæ, йæ фыды фæндон базонгæйæ, — æхсæзæм бригад кæй у иæ кол- хозы тæккæ цауддæр бригад æмæ кæд гæпæн ис, уæд мып уый мæ бæрны бакæнут. Арысхаиыл цыма хур ракаст, афтæ барухс йæ цæсгом, 3 И У I Райсомæй ахуыргæнинæгтæ куы фадтой Хæсанæиы лшæргæс Уырымты Фарийы цæхæрадоны цур кусгæ, уæд фæндагыл баныхас кодтой, цæмæй сихорæй изæрмæ Хæсанæйæн баххуыс кодтаиккой æмбонд аразынмæ, æр- цагътаиккой сындз æмæ йæ æрбаластаиккой. Ахуыры раззагдæр скъоладзау, фæскомцæдисон Ту- зар бамбарын кодта йе ’мбæлттæн, зæгъгæ, мах нæхæ- дæг æгæр чысыл стæм, цы нын бантысдзæи авд адæйма- гæй. Фæлæ скъоламæ куы бацæуæм, уæд уæ алчи дæр ацы хъуыддаджы тыххæй аныхас кæнæд хицæн скъо- 26
ладзаутимæ, æз та йæ зæгъдзынæн фæскомцæдисои ор- ганизацийы секретарь Æхсарæн. Æххуысгæнджытæ ма "нын кæй разыпдзæн, уый гуырысхойаг нæу. Тузары фæндон фæцыд ахуыргæнинæгты зæрдæмæ. Уыдонæй алчи дæр, скъоламæ бацæугæйæ, архайдта фыл- дæр ахуыргæпинæгты саминдикæнын сындз цæгъдынмæ. Сарæзтой, æххуыскæнынмæ чи ацæудзæн, уыдоны ном- хыгъдтæ. Иуæй-иу скъоладзаутæ та куы фехъуыстой ха^бар, уæд æрхъæцмæ нал хъæцыдысты. Фæндыд сæ тагъддæр ацæуын. Скъоладзаутæм абоп уæлдай даргъ- дæр фæкастысты ахуыры сахаттæ. Ныццагьта дзæпгæрæг. Фæцис фæстаг урок. Ахуыр- гæнинæгтæ раналдысты кæртмæ æмæ æмбырд кодтой Æхсар æмæ Тузары алыварс. Тузар сæ анымадта æмæ æнхъæл ца-с уыд, уымæй бирæ фылдæр разыпдысты. — Фаг сты, — загъта Æхсарæн Тузар. — Æрмæст комкоммæ Фаритæм цæуæн нæй. — Цæуылнæ уæд? — афарста йæ Æхсар. — Атæппæты фаг сындз æрцæгъдынмæ цыргъаг кæм разындзæпис иу хæдзары, алчи сæ йæхæдæг куы пæ рахæсса, уæд? — Раст зæгъыс, æмæ сын æй афтæ бамбарын хъæуы уæвгæ дæр. -- Фæсабырдæр ма ут! — загъта Тузар скъоладзау- тæн, — хорз уыдаид бæргæ, комкэммæ - Фаритæм куы ацыдаиккам, уæд, фæлæ ’уым, æвæццæгæн, изæрмæ ба- фæстиат уыдзыстæм æмæ нæ нæ ныййарджытæ куы агурой, уæд та? Фæлтау цæугæ ут уæ хæдзæрттæм, иы- вæрут уæ чингуытæ, сихор дæр бакæнут, стæй-иу уæ алчи дæр немæ рахæссæд исты цыргъаг. Афтæмæй уæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм сахаты фæстæ Дударыхъоты тигъыл. Мачи уæ бафæстиат кæнæд!—Скъоладзаутыл йæ цæст ахаста Тузар, ’ — Хорз,—дзуапп радтой уыдон дæр. Æрмæст Тузары раз цы ахуыргæнинаг лæууыдис, уый дзуапп нæ радта, фæлæ нæ уæхсчытæ, ницызонæгау, базмæлып кодта. Уый уыдис Æнхъæл. Тузар æй бафиппайдта æмæ йæ бафарста: — Цы кæныс, Æнхъæл? — Сахат æгæр чысыл рæстæг у. 27
Скъоладзаутæ схор-хор кодтой Æнхъæлы ныхасыл: — Бон куы фæуа, уæд ма цæудзыстæм?! —Æз цæрын уеппæтæй дарддæр æмæ мæнæн иу еа-' хат дыууæрдæм не сфаг уыдзæн, — бамбарын кодта Æнхъæл. Тузар хорз зыдта æгьдауджын скъол.адзау Æнхъæлы æмæ йæ фæрсæгау акодта: —Уæд та ды абон лæууис, науæд æгæр куы бафæстиат уæм? — Мæн тыххæй цæмæн фæстиат кæнут. Сымах уеп- пæт дæр æрцæут сахаты æмгъуыдмæ, æз та—фæстæдæр. — Хорз, фæлæ нæ уым куы пæ æрæййафай, уæд-иу михты длыхъхъытæ садзынмæ фæ.кæс. Сымахæн та фæ- дзæхсын, — загъта скъоладзаутæн Тузар,—уæлдай æнхъæлмæ кæсын уæ куынникæмæ бахъæуа, афтæ. Скъоладзаутæ апырх сты фæйиæрдæм. Тагъд кодтой сæ хæдзæрттæм. Гдо цыд Тузаримæ æмæ, цыма, Хæса- пæимæ фæрсæй-фæрстæм бырстой хæсты фæндагыл кæ- ронмæ, уыйау ын æппæлыд йæ хъæбатырдзинадæй. Тагъд кодта сæхимæ Æнхъæл дæр. Уымæи йе ’ппæт хъуыдытæ ныртæккæ баст уыдысты Хæсанæ æмæ йæ ма- ды ’фсымæр Цæргæсимæ. Хæсапæ уыд Цæргæсы æмбал. Æдзухдæр иумæ цы- дысты хинайынмæ, кæсаг ахсынмæ, æхсæр тонынмæ. Иу цалдæр хатты уыдысты Æнхъæлтæн сæхимæ дæр. Фыццаг фендæй Хæсапæйы бирæ бауарзта Æнхъæл. Ныр Æнхъæл цыдис сæхимæ æмæ йæ хъуыдыты зил- дух кодта йæ кæддæры уарзоп адæймаг, ныр фронтæп чи сыздæхт, уыцы Хæсапæ. Æнхъæл сæхимæ баййæфта йæ мады ’фсымæр Цæргæсы минасгæнгæ. Бæрæг уыд йæ уадулты сырхæй, кæй та дзы анызта. йæ галиу цæст та зынгæ фæкъаддæр ис, кæддæриддæр ын фæснозт куыд вæййы, афтæ. — О, мæ чысыл хæрæфырт, рауан æмæ дын иу арахъхъ адарон! — загъга Цæргæс, цайцымæн агуыв- зæ, арахъхъæй йæ тæккæ былтæй акалгæйæ, бадаргт кодта Æнхъæлмæ. — Æз арахъхъ нæ нуазын, — Æихъæл мидæггаг уатмæ фæцæйцыд, фæлæ йæ Цæргæс баурæдта. — Фæлæу-ма, Скъоламæ куы цæуыс, уæд ирон æгъ- 28
дау нæ зоныс? Айс æй дæ къухмæ æмæ йæ кæд дæхæ- лæг нæ нуазыс, уæд дæ нуазæн авæр дæ мады ’фсымæ- рæн. Бирæ мæ хуызæн мады ’фсымæртæ ма дын ис? Æнхъæл уæвгæ хорз зыдта, кæд йæ азтæм нæма ацы- ли, уæддæр ирон нуазæн къухмæ райсын æмæ Йæ уазæ- гæн авæрын кæй фæхъæуы, уый. Фæлæ.а-фæстаг рæс- • æджы Цæргæсмæ куыддæр фæхæрам æмæ йын уымæ гæсгæ йæ нуазæн авæрынмæ нæ хъавыд. Фæлæ куы лхъуыды кодта, фæстæмæ йæ тагъд цæуын хъæуы, ууыл, % уæд æй цæмæй Цæргæс ныхæстыл ма ныддара, уый тых- хæй райста пуазæн æмæ йæм æй авæрдта. Цæргæс акуывта Æихъæлæн, цæмæй йæ ныййар джыты фæндиаг суа стыр лæг, уа адæмæн уарзон, тыр- на ’бнрæ зопындзинæдтæ райсынмæ, фæзма адæмы хуыздæрты æмæ йæ (бындзарæй анызта. — Раст зæгъынц адæм, — ахъуыды кодта Æихъæл пæхинымæр, — Цæргæсæн йæ хуыздæр хæлар сси нозт. Æнхъæлыл, цыма исчи уазал доны къус бакалдта. афтæ баризæгау кодта йæ буар йæ сусæг хъуыдытæч. Цæргæс, зæгъгæ, исты йæ миййаг абон куы нæ федта фыодаг хатт. Фæлæ Цæргæс кæддæры Цæргæс нал уыд Æнхъæлы цæсты. Дард хæсты быдырæй иу ^емæ дыууал хатты нæ райста Æнхъæл йæ мады ’фсымæр Цæргæсы писмотæ. Ахæм рæстæджы-иу Æнхъæл йе ’мгар ахуыр- гæнинæгты ’хсæи уыдис уæлдай амэндджындæр; касти сын-иу Цæргæсы писмотæ, æппæлыд-иу дзы, кæй у чъæбатыр, æдас, æхсарджы.1, кæй иæ тæрсы топпы нæ- мыгæй, карды цæфæй. Æмæ, æцæгдæр, хæсты уæззау рæстæджы Цæргæс пæхицæй раппæла, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, фа^- лæ-иу фыста йæ чысыл хæрæфыртмæ йæ хæстон царды хабæрттæ. йе ’мбæлттæ йæ кæй фæмæстæн марынц, кæй йæ хонынц, Нарты Батрадзау, сыгъдæг æндонæй æмæ дзы нæмыг кæй нæ хизы, зæгъгæ, уый тыххæй. Цæргæс хæсты хъæбатыр кæй уыди, уый æрцыд скъоладзауты уарзондæр ахуыргæнæг Гагуыдзы хъустыл дæр. Иухатт, Æнхъæл цы къласы ахуыр кæпы, уырдæм куы бацыд Гагуыдз, уæд дзырдта Ирыстоны хъæбатыр фыртты тыххæй, уыдонимæ та раппæлыд йæ кæддæры ахуыргæнинаг Цæргæсæй дæр. Кæд уымæй размæ скъо- 29
ладзаутæй бирæтæ афтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, Æн- хъæл йæ мады ’фсымæрæй æппæлы,- æндæр цæй хъæба- тыр у, уæд Гагуыдзы урочы фæстæ канд Цæргæс нæ, фæлæ Æнхъæл йæхæдæг дæр скъоладзауты цæсты би- рæ фæкадджындæр. Бирæтæ нæм бабæллыдысты йæ хъæбатыр мады ’фсымæры тыххæй. Æнхъæл-иу афоныл лæвæрдта дзуапп Цæргæсы писмотæп. Уый канд Цæр- гæсы писмотæ нæ каст йс ’мгæрттæн, фæлæ йæхиуæттæ дæр. Æнхъæлы зæрдыл æрбалæууыд, иухатт Цæргæсмæ къорд. ахуыргæнинаджы цы писмо ныффыстой, уый. Иумиаг писмойы амидингæнæг уыдис Тузар. Уый та уыдис уæвгæ афтæ: Æихъæл арæх фыста йе ’мгар скъо- ладзауты тыххæй Цæргæсмæ, кæй дис кæнынц уыдон йæ хъæбатырдзинадыл. Фæсаууонмæ, Æнхъæлы писмо- тæм гæсгæ, Цæргæс зыдта Æпхъæлы æмбæлттæй бирæ- ты нæмттæ. уыдонимæ та Туз^р, Æхсар æмæ Гдойы иæмттæ дæр, йæ иу пиомойы сын æрвыста гвардийы салдаты сала’м. Ахуыргæнинæгтæ уыц^1 писмо куы бакастысты, уæд æм ныффыстой иумæйаг писмо, фæ- дзæхстой йын, цæмæй æнауæрдонæй цæгъда, сывæллæт- тæн рынæй уæлдай чи нæ у, уыцы залиаг кæлмыты— фашистты. Уыдон та йын дзырд лæвæрдтой, кæй кæн- дзысты æрмæстдæр иттæг хорз ахуыр. Æмæ кæддæр Æнхъæлы цæстыты стыр кадджын чи уыдис, нæртон Батрадзау, æнæбасæтгæ кæй хуыдтой, уыцы Цæргæс æрыздæхт хæстæй, фæцудыдта йæ кад. Фæцис нозтыл. Ай, мæнæ гъеныр дæр бады Æнхъæлтæм æмæ кæд иунæг у, уæддæр нуазы, æфспс дзы нæ зоны. Æихъæл загъта йæ мадæн, ныртæкка^ йæ фæстæмæ ацæуын кæй хъæуы, окъоладзаутæ кæй хъавынц си- дзæргæс Уырымты Фарийæн баххуыс кæнын сындз æр- цæгъдынмæ. Фронтовик Сырхауты Хæсанæ дæр уым уыдзæн, — Цæргæсмæ бакаст Æнхъæл. Хæсанæйы кой- мæ Цæргæс йæ мидбынаты фестъæлфыд. Æнхъæл æмæ Цæргæс куы ’рбацыдысты Дударыхъо- ты тигъмæ, уæд дзы никæй æрбаййæфтой. 30
-- Цæй, æз цæуын Фаритæм михты дзыхъхъытæ кæ^ ныимæ, ды та кæцы ’рдæм? — афарста Æнхъæл Цæр- 1æсы. — Æз та ацы ’рдæм, — йæ хæдзары ’рдæм къухæй ацамыдта Цæргæс æмæ сабыргай фæцæйцыд, фæлæ иу 1|ысыл куы ауад, угед æрлæууыд, ракаст фæстæмæ æмæ фæдзырдта Æнхъæлмæ: — Фæлæу-ма! Хæстæй Хæсанæйы æрыздæхты хабар уайтагъддæр фехъуыста Цæргæс. Абæрæгкæнынмæ йæ хъавыд, фæ- лæ йæ цавæрдæр тыхтæ ныуурæдтой. «Ай, гъепыр дæр та афтæ. Фæсивæд сарæзтой зиу, æххуыс кæныпц Фари- йæн, Хæсапæ дæр ис уым, æз та цæуын нæ хæдзармæ. Цæмæн? Цæй тыххæй? Хæсанæ æххуыс кæны хорз хæс- тон æмбалы мад Фарийæн. Æз та?» — Цæргæсы цæсты- тыл ауад Фарийы мæлæтдзаг фырт Ладемыр, йæ туджы мæцгæ. — Цы кæныс? — Цæргæсы размæ ’рбацæугæйæ, ба- фарста Æнхъæл. — Цом иумæ! — Цæргæс араст кæнынмæ хъавыд Æихъæлы фæстæ, фæлæ, цыма, йæ ныхæстыл фæсмон фæкодта, уыйау йæ къух ауыгъта æмæ загъта: — Нæ, фæлтау дæхæдæг цу!—æмæ араст сæхирдæм. о Æнхъæл михтæн дзыхъхъытæ арæзта. Уый Уырымты Фарийæ ракуырдта даргъ бæндæн, сарæзта дзæккор, метры æрдæгæй чысыл даргьдæр æхсæр уисæй барæн. Цæхæрадоны цыппар тигъыл ныосагъта михтæ. Иу ти- гъы михыл бабаста бæндæн æмæ йæ иннæ тигъы михы комком’мæ айвæзта зæххы æмвæз, стæй бæндæлы хаххыл зæхх баргæ ацыд, йæ барæнæй нысæнттæ гæигæ. Кæд къæцæлæй зæххыл цы хæххытæ кодта, уыдон сæхæдæг’ дæр хорз зындысты, уæддæр ма-иу чысыл дуртæ авæрд- та хæххыты уæлæ. Уый фæстæ сарæзта ставд кауы ми- хæй тымбыл цурчы хуызæн æмæ йæ нысæнттыл цыд дзыхъхьытæ гæнгæ. Цурчы-иу куы ныццавта, уæд-иу пурк афардæг зæххы. 3!
„Цæхæрадоны иу тигъмæ куы бахæццæ дзыхъхъытæ къахгæ, уæд бæласы бындзæфхадыл æрбадт æмæ йæ фæллад уагъта. йæ сæры зилдух кодтой йæ мады ’фсы- мæр Цæргæсы тыххæй алыгъуызон хъуыдытæ. Иæ зæр- дæйæ кæй стона æмæ агопара, ахæм мады ’фсымæр ын нæу. йæ ронæй райста районы гаэет æмæ йæм хъыг- зæрдæйæ нымдзасти. Газеты фарсæй Æнхъæлмæ касти йæ мады ’фсымæр Цæргæс. Уый бынмæ та чысыл уац- хъуыд, æрæджы «Размæ» æмæ «Уæлахизы» уырсыты, йæ цардæн нæ тæрсгæйæ, куыд бахызта фыдбылызæй, уый тыххæй. «Уый æппæт адæмы ’хсæн Цæргæсæй хъæбатырдæр ничи разынд», — дзырдтой уыцы бонты канд хуымæтæг колхозонтæ нæ, фæлæ районы разамонджытæ дæр. Дардæй æрбайхъуыст скъоладзауты хъæлдзæг зарын. — Æрбацæуынц! — Æнхъæл газет рæсугъд батыхта, стыр хæзнайау æй йæ роны бавæрдта æмæ та бавнæлд- та йæ куыстмæ, ^ Скъоладзаутæ Æнхъæлы æрбаййæфтой дзыхъхъытæ кæнгæ. — Ура! Æнхъæлæн ура!—зæгъгæ, фыццаг михы цур йæ сындзытæ æркалрæйæ, фæхъæр кодта Æхсар. Скъоладзаутæ Æхсары дзыхæй айстой «ура». Фари уæларт зилæнтæ кодта æмæ скъоладзауты æвиппайды хъæр куы фехъуыста, уæд æттæмæ рауад. Ахуыргæнинæгтæ кæрæдзи фæстæ цæхæрадоны алыварс оисæй-сисмæ авæрдтой сындзытæ. Фарийы зæрдæ барухс сæ уындæй. Чысыл аулæфты фæстæ скъоладзаутæ цыргъ кодтой михтæ, сагътой сæ æмæ фидар кодтой дзыхъхъытæ. Куыддæр иу тигъ сæхгæдтой сындзæй, афтæ сæ æр- баййæфта Хæсанæ. — Ура Хæсанæйæн! — ныхъхъæр та кодтой скъола- дзаутæ æмæ, цъилау, æртыхстысты Хæсанæйы алы- варс. Хæсанæ, цыма йæ мард хæстон æмбал Уырымты Ла-' демыры раз йæ хæс баххæст кодта, афтæ æнцон ын уы- дйс Фарийы цæхæрадонмæ кæсын. 32
ÆРГОМ НЫХАС Колхозы разамынды тыргъы, быцæугæнгæ, бацыдыс- ты Уане, Кæрæфбег, сæ фæстæ та — йæ къухтæ йæ дзылпыты тъыстæй, Цæргæс. — Æз та афтæ зæгъын æмæ мæм хъусгæ куы нæ кæнат,. уæд уæ фентъæрдзьшæн, — мæстæй цæхæртæ калгæ,. дзырдта колхозы завхоз Алæмæтаты Кæрæфбег бæхгæс Уанейæн. Уане йæхæдæг раст кæй уыдис, Кæрæфбег та аххос- джын, ууыл йæ зæрдæ дардта æмæ уисæн нæ кодта. — Тæвд ма нæн, Кæрæфбег. Рæдыды бынаты дæхæ- дæг дæ, мæн та, чысыл сывæллонау, дæ хъæртæй тæр-. сын .кааныс. Ныртæккæ хъуыддаг Арысхан йæхæдæг рав- зардзæн. — Равзардзæн, равзардзæн! — фæзмæгау иоджы тынгдæр сдзырдта Кæрæфбег æмæ, хъæргæнгæ, колхозы разамынды дуар фегом кодта. — Базары стут, æви кæм стут, цæуьгл хъæр кæнут?!—■ бауайдзæф сын «одта Арысхан. — Арæби, мæ имаст мæ хъуырмæ схæццæ, — сабыр- гай, хиуылхæцгæйæ, бам^барыи "кодта Уане, — .кæд мын бæхтæ мæ бар бакодтат, Арысхан, уæд сын æз хъуамæ дæттон дзуапп дæр. Кæрæфбег æмæ Уане хыл <куы кодтой, уæд’ Цæргæс та йæ къухсæрфæн йæ дзыппæй сласта æмæ йæ хорзæхтæ -сæрфыныл фæцис, уый дæр бахызтис сæ фæдыл мидæмæ.- • — Фæлæу-ма, фæлæу, .цы хабар у, бамбарын мын æй кæп? — бафарста Арысхан. Кæрæфбег йæхи фæразæй кодта æмæ дзуапп радта: — Уый бæрц хъаугъа цæуыл кæна, ахæмæй дзы ницы - ис, — Уæдæ бæстæ хъæрæй уæ сæрыл цы систат? — ба- уайдзæф ын кодта Арысхан. — Арæби, раисом хуы’м кæнæм, афтæмæй та бæхтæ- дугъы уадзæм, — дзырдта тызмæгæй Уане. Арысхан нырма хабар нæма æм^бæрста. Фæлæ йын Уане куыддæр бæхты кой скодта, афтæ цæф арсы богъ фæкодта: ■— Чи радта бæх? Кæмæн? Цæмæш? 3* 33 *
-— Мæнæ Кæрæфбег амæн, — къухы æнгуылдзæй Цæргæсы рдæм ацамыдта Уане. — Æмæ дзы Цæргæсмæ бæх нæ хауы? Уый дæр хæс- тæй куы ссыд! — Æгъгъæд! — уыцы иу тъæллаиг фæкодта Арыс- хан Кæрæфбегыл.' Цæргæс папирос тынгдæр спъæртт кодта æмæ, цым^а, Арысханæн, æцæгхæсты кæй уыд, уььйуырнын кодта, уый дзуапп радта. — Ай-ай, мæнæ ма ’рбакæс! — стæй Уанейы ’рдæм тарæрфыгæй бадзагъул кодта: — Хистæр бæргæ дæ, Уа- не, фæлæ сывæллонау — сæртæг. — Уый дæ хæдзары уынаффæ нæу, — йæ ныхас ын фескъуыдта Уане. — Арæби, раст уайдзæф дын кæны, — Цæргæсы фарс фæлæууыд Кæрæфбег. Арысхан Цæргæсы ныхасмæ йæ- хи тыхæй баурæдта, фæлæ ныр Кæрæфбег дæр куы фел- хыокъ кодта Уанейы, уæд сыл уыцы иу хъæр фæкодта: — Æгътъæд! — Арæби, — ногæй цыдæр сцæйдзырдта Кæрæфбег, фæлæ йæ Арыехан дзурын нал бауагъта: ■— Алы бон уый тыххæй нæ дзурдзыстæм! Чи дын радта бар æмæ гутоны бæх искæмæн радтай?! Цы мæрд- тат дæ, æви дæм адæмы хъæр иæ хъуысы? Цал хатты дын загътон, бæхтæй æнæ мæхи бафæрсгæ макæмæн дæтт! — Цы нæ йын фæкодтон, фæлæ нæ байхъуыста, — йæ ныхас баппæрста Уане. — Колхоз йæ ^къухтæм æмхасæнтæ кæны, ды та бæх- тæй дугъ уадзыс. Хорз иæу, хорз, Кæрæфбег. — Омæ... — йæ уæхсчытæ базмæлынкæнгæйæ, цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Арысхан йæ ныхас кодта дарддæр: — Иу бон, дæлæ сидзæргæс Уырьшты Фарийæп бæх радтын нæ къухы ,нæ бафтыд, уый зоныс? Районы сæр- магонд къамисы адыууæ »боны махмæ дæр хъæуы. Æмæ йæ бамбар, Кæрæфбег, гукк, гъа- гъа, хæсгардæй чъепп у. Бæрæг кæндзысты, фæстаг зæгæлы онг чи куыд рæвдз у, уый. Хуыцау йæ зонæг, уыцы бæх къамисмæ куыд фæ- кавсдзаэн! — Цæргæсы ныппыррык кæнынмæ бирæ нал бахъуыд, тыххæйты ма йæхи баурæдта, — Цæугæ ут, 34
•фæлæ æнæ мæхи иу адæймагæн дæр бæх мауал радтут. — Арæби, — цæугæ-цæуын загъта Уане, — Хæсанæ дæр мын афтæ бæргæ бафæдзæхста, — æмæ феттæдуар ис. Исдуг уаты ныхас нал цыд. Арысхан каст стъолыл æвæрд гæххæттытæм. Кæрæфбег та^ цыма йæ рæдыдыл хъуыды кодта, уыйау йæхинымæры* базмæлæгау кодта. Стæй уый дæр рацæуынмæ хъавыдис, фæлæ йæ уæдмæ Арысхан афарста: — Уыцы тауæнæн йæ цалх нæма сарæзтой? — Сарæзтой, фæлæ цыма йæ чырын чысыл у, дæхæ- дæг æй куы фенис. — Чысыл, æмæ сæ цæстытæ кæм уыдысты? — Мæ-гъа! — цыбыр дзуапп радта Кæрæфбег. —«Мæгъайыл» уадзæн нæй колхозы хъуыддаг, æмбал завхоз. Уыцыныхасæй Арысхан фелхыокъ кодта Кæрæфбе- джы æнæмæт зæрдæ. Кæрæфбег ахæм уайдзаефтæ иу æмæ дьгууæ хатты нæ фехъуыста, фæлæ сæ мурмæ дæр - нæ дардта. Арысхан йæ гæххæттытæ бафснайдта стъолы лагъ- зы, сыхгæдта йæ æмæ, сыстгæйæ, загъта: — Цом, фенæм æй! Кæрæфбег ма тыргъы иу каст фæкодта Цæргæсы ’рдæм, æмæ Арысхапы фæстæ ахызт уын/пмæ. Цæргæс :каст колхозы разамынды тыргъæй цæхæра- донмæ. Бæлв-ырдæй цæмæ каст, уый зын зæгъæп у, æр- мæст йæ хъæлдзæг æнгас æвдисæн уыдис йæ сæры æнæ сцухæй рæсугъд хъуыдытæ кæй зилдух кодтой. Цæргæс фæстæмæ бацыд уатмæ, аражæс-бакæс код- та«къуымты. Плиты Иссæйы хуызистмæ фæкомкоммæ. — Цал ыл дзы ис? Хæрзаг хъал у? — нымайы сæ: —_иу, дыууæ, æртæ, цыппар, — йæ ныхас фæсабырдæр... — æстдæс. Ех, ахæм куы нæ уа г.уырд, уæд... — йæхи хор- зæхтæм æркаст. — Цæргæсæн дæр дыууæ ордены æмæ фондз майданы цæхæртæ калынцйæ риуыл. Йæ дзыппæй та систа сырх дари кæлмæрзæн æмæ та сæ ногæй асæрф- та. Хуры зæлдаг тынтæм ноджы тынгдæр сæрттывтой хорзæхтæ, фæрухс Цæргæсæн йæхи цæсгом дæр. Æвип- пайды, рудзынгмæ фæкæсгæйæ, фестъæлфыд: «Гъæй, 35
Цæргæс, сæр дæ бахъуыд, кæдæй уæдæй цы хурмæ бæл- лыдтæ, уый фæзынд». Чысыл фæстæдæр колхозы разамынды хæдзары дуар базыхъхъыр кодта Ирæ æмæ дзы Цæргæсы иунæгæй куы ауыдта. уæд йæ зæрдæ æвиппайды рыст сæххæтт фæкод- та, цы акодтаид, уый нал зыдта. йæ сæры февзæрд ахæм хъуыды: «Сдзурон æм, æви нæ?» — Ирæ, ■— фæраздæр Цæргæс йæхæдæг. Ирæ фæлæууыд, стæй, кæд æй Цæргæс нæ фарста,. уæддæр æрæджиау загъта: — Партбрг мæ хъæуы. — Парторг, æви Хæсанæ? — Цы уæлдай сæ ис? - — Æмæ йæм банхъæлмæ кæс. Мæнмæ дæр дзуры. Гъе та йæ мæнæн зæгъ, æз ын æй зæгъдзынæн. — Æмæ >кæд зæгъинаг нæу, уæд та? — Ау, мæнæй цы хъуыддаг æмбæхсыс, уый уагæр цавæр у? — Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс, ды æппæт хъуыд- дæптæ дæр зоныс? — Иу хъуыддагæй фæстæмæ, — къахæгау, дзуапп радта Цæргæс æмæ йын цыма стыр |фадат фæцис, уы- йау райдайынмæ хъавыд Ирæимæ йæ зæрдиаг ныхас. — Уагæр ’цавæр хъуыддаг у? — хинæйдзаг фарст æй акодта Ирæ. — Диссаг у, — загъта Цæргæс æмæ уарзондзинадыл куыд хъавыд ныхаскæнынмæ, афтæ бахызт мидæмæ Сырхауты Хæсанæ. Уый æрæджы колхозы партион æм- бырды равзæрстой парторгæй- — Цæргæс, æз та дæу агуырдтон, — загъта зæлланг хъæлæсæй Хæсаыæ æмæ Цæргæсы йæ хъæбысы, цъилау, ныззылдта. — Цæй куыд цæрыс, дзæбæх? — Ницы мын у, — мидбыл бахудт Цæргæс. Цæргæсаан стыр æхсызгон уыдис, Хæсанæ сæ колхо- зы парторгæй кæй райдыдта кусыи, уый. Рагæй йæ зоны æмæ йын уæлдай адджындæр адæймаг уыд йе ’гъдау, йæ лæгдзинады тыххæй. Иæ уд дæр дын ратдзæн, амал куы уа, уæд. Дæ хъыджы ннцæмæй бацæудзæн иуæй-иутау. Саузæрдæ, æнæфсис адæймаг нæу? фæлæ бонзонгæ. йæ- хи дыл никуы агигъ кæндзæни. Кæд дæсазон окъола йед- 36
тæмæ гсаст ницы фæцис, уæддæр йæхиуыл тынг бакуыс- та. Бирæ зоны. Æмхуызон лымæнтæ йын сты ахуыргæнд- тæ дæр æмæ æнахуыргонд адæмтæ дæр. Дыууæтимæ дæр арæхсы дзурын. Нæ уарзы фæофæд ныхæстæ. У æр- гом ныхас. йæ зæрдæ дыл истæмæй фæхудт, уæд дæм, кæйдæртау, æртхъирæнтæ нæ бакæндзæн. Фæлæ дæм фæ- дзурдзæн æмæ лæгæй-лæгмæ, мады зæнæджы хуызæн, æршм баныхас кæндзæн демæ. Зæгъдзæн дын, йæ зæрдæ дыл кæй фæхудт, цæмæн æмæ цæй тыххæй, раст кæй нæ дæ, уыдæттæ. Йемæ куы аныхас кæнай, уæд æй поджы фылдæр бауарздзынæ. Иуæй-иутау дын рæсугъд ныхæ- стæй митын мæогуытæ нæ амайдзæм, фæлæ дын зæгъ- дзæн æргомæй, йæ бон у дæ фæндон баххæст кæнын, æви нæ. Ай, гъеныр Цæргæсимæ дæр рауад хъуыддаг афтæ. Хæсанæйы колхозы парторгæй куы равзæрстой, уæдæй цы’быр æмгъуыдмæ базыдта колхозы адæмы: чи дзы ис 'Земæ дзы алчи дæр <цы куыст кæны, уый. Цæргæсы хабар ын куы ракодтой, уæд ъьи хъыг уыдис, йæ æнæаипп хæс- тон æмбал ныр йæхи æгуыдзæгмæ и<æй æруагъта, уый. — Ау, уый та куыд? — хъуыды кодта Хæсапæ. — Цæргæс... Нæ, бауырнинаг нæу, фенын æй хъæуы. Æмæ йæм уæвгæ иукъорд хатты уыд сæхимæ. Фæлæ пæ никуы ’баййæфта, æрмæст ын аныхæстæ кодта йæ зæронд мад Къудухонимæ. Уый Дьин кæд Цæргæсы хъуыддагæи уый бæрц ии’цы радзырдта, уæддæр ын рахъаст кодта, йæ иу- н&г хъæбул, йæ цæугæ мæсыг кæй фæцудыдта, кæй нал у кæддæры хорз Цæргæс, кæй йын нал аргъ кæнынц йе ’мгæрттæ дæр, йæхи кæй обаста цæйдæр гуыбындзæл адæмтимæ, кæй фæцис нозтыл. Хæсанæ ныфс бавæрдта^ Къудухонæн Цæргæсимæ аныхаскæньшæй æмæ йыи ныр уæлдай æхсызгон уыд Цæргæсимæ фембæлд. Цæргæс Хæсанæмæ фæкасти бирæ къабазджындæр, йæ дарæсыл рыджы ,мур дæр нæ зынди: уый нæ, фæлæ ма йæ харзæх- т& дæр уæлдай æрттывд кодтой. Хæсанæмæ афтæ каст, цыма чидæртæ куыд дзурынц, кæд Цæргæс æцæгдзина- д&й афтæ бирæ бауарзта нозт, уæд хъуамæ уа æнæдаст, зилынхъуаг, хуыссæгхъадджын. Хæсанæ сæрæй къæхтæм йæ цæст æрхаста Цæргæсыл, фæлæ йæм ахæмæй ницы рахатыдта. Цæргæс уыд булкъдаст. Йæ уæлæдарæс — 37
сыгъдæг. Р1æ хæлафы къæхты раст æмæ рæсугъд саст уыдыст.ы æвдисæн, Цæргæс, йæхиуыл къæм абадын чи бауадза, ахæм лæппу кæй нæу, фæлæ йæхимæ æтшьгн- æдзух кæй зилы. Уыщы хъуыддаг æхсызгон уыдис Хæса- нæйæн. Фæлæ йæ зæрдæ уайтагъддæр фехсайдта, Цæр- гæсы сыгъдæгдзинад кæй у æвдисæн æндæр хъуыддагæн. Дзырд дæр ыл нæй, лæппу фæхъал ис, æмæ йæ къух уа- зал доны нал тулы. «Цæргæси-мæ мæ аныхас хъæуы хибарæй», — ахъуы- ды кодта Хæсанæ, фæлæ йын йæ хъуыдытæ фескъуыдта- Ирæпы ныхасг — Миййаг мæм дзырдтай? — Ай-ай! Ипнæбон хуым кæнынмæ цæуæм. — Иннæбон? — цымыдисæй афарста Ирæ. — Кæсæндон быдырмæ ахæосынæн нын куы феххуыс кæнис! Уьщы куысты ды фæлтæрд дæ. Нæ мулк иууыл дæр быдырмæ ласын хъæуы: райдай политикон-аивадон литературæйæ æмæ суанг шахмæттæ, шашкæтæ, доми- нотæ. О, хæдæгай, фæндыр рæвдз у, æви нæ? — Рæвдз, фæлæ иугæр кæсæндон быдырмæ ласут, уæд æй иокæй бæрн бакæнут, шауæд мæн мæ куыстæй уырдæм кæцæй равдæлдзæн. — Адæм хуым кæндзысты, æви кафгæ? — йæ пыхас баппæрста Цæргæс. Уæвгæ хорз зыдта, фæокуыст-иу ста- иы раз мæйрухсмæ цы хъæзтытæ сарæзтой, уыдон. — Ранæххæсткомæй дæ быдырмæ кæй нæ равлæл- дзæп, уый та куыд не ’м’барын. Фæлæ уал ныртæккæ фæ- тæген, пырæгътæ, æндæр ма цы хъæуы, уыдæттæм дæ хъус фæдар. Цы зæгъдзынæ? Баххуыс кæшдзынæ? — Хорз, — цыбыр дзуапп радта Ирæ æмæ уаты дуа- ры æттейæ фæцис. Ирæйы фæстæ рацæйцыд Цæргæс дæр, фæлæ йæм уæдмæ Хæсанæ сдзырдта: — Афæрсынмæ дæ хъавыдтæи, Цæргæс, цы архайыс, куыд никуы нæ абæрæг кодтай, æнæ колхоз æнкъард дæр нæ кæныс? — Æнкъард кæньгнмæ кæй æвдæлы, Хæсанæ. Уый бæрц рæстæг кæм ис. 1 — Омæ уæддæр кæм вæййыс? — ногæй та йæ афарс- та Хæсаиæ æмæ бæлвырддæр бакаст Цæргæсы рæ- 38
сугъд цæсгоммæ. Цæргæс йæ фындзы бын цыбыр къуьь быр рихитæ адауæгау кодта, йæ сæрыл ноджы бæрзонд- дæр схæцыд æмæ сæрыстырæй дзуапл радта: — Абон—ам, райсом—уым, иннæбон та—æндæр ран. — Афтæмæй бонтæ дæр фæуыдзысты, — мидбыл ба- худт Хæсанæ. — Бæргæ ,куы фæуиккой, — хорздзинадмæ бæллæгау, фæкодта Цæргæс. — Афтæмæй? — йе ’рфгуыты фæтаркодта Хæсанæ æмæ дзуапмæ нал фенхъæлмæ касти: гъе, уый æнхъæл дыи нæ уыдтæн, гъе. Дæ царды ахсджиагдæр бонтæ фæу хæдзæрттыл зилгæйæ. Цæджджинагау стыр маст кæй рафыхт Хæсанæйы зæрдæйы, уый бæрæг уыдис. Р1æ цæсгом ныттар, æрф- гуытæ сæхи систай, уызыны хъистау. Паддзахадэн авд хæрзиуæджы кавалер æмæ цы зопдахастыл ныллæууыд ады ахсджиаг рæстæджы, зæгъгæ, ахъуыды кодта Хæсанæ æмæ быпозæй ныуулæ- фыд. Хæсанæ йæ зонгæ хорз адæймаджы æнæсæрæндзи- над йæхи цæстæй кæй уыдта, «уый йын уыдис уæлдай зындæр. — Дæ риу дын бæргæ рæсугъд кæнынц, Цæргæс... — Фæлæ цы зæгъынмæ хъавыс? Дæумæ гæсгæ сæ хæ- дзæрттыл зилгæйæ райстон? — æлхыскъ ныхас окодта Цæргæс дæр. — Нæ, ,нæ, уыдон ды райстай Райгуырæи -бæстæйы сæраппонд уæззаудæр хæстыты дæ хъæбатырдзинады тыххæй. Æрцыдыстæм, дардæй кæмæ бæллыдтæ, уыцы хъæубæстæм, уыцы адæммæ, уыцы .биноптæм. Фæцин ныл кодтой, æхсызгэн сын уыдис нæ фенд. Суагътам нæ фæллад. Дарддæр та? — Дарддæр та цы? Ног хæст та исчи расидт? Уæд, табуафси, мæнæ дыи авд хæрзиуæджы кавалер. Скæн- дзæи та йæ хæстон дарæс, райсдзæн йæ хотыхтæ пæ къухтæм æмæ ногæй хæцдзæн, гвардион салдат куыд фæ- хæцы, афтæ. — Хæст ам ис, ам, колхозон быдырты. Ау, нæ уыныс, дæ алыварс адæм цы ми кæнынц, уый? — Æмæ куыд зæгъыс, уым æнцондæр уыдис? — Нæ уыдис! Уым бирæ зындæр уыдис, фæлæ ам 39
дæр адæм цы ми кодтой, уый нæ зоныс? Ахъуыды ма йыл кæн! — Хæсанæг — æрбайхæлд Цæргæсы хъæлдзæг зæр- дæйы уаг, — салдатæн йæ къухы хæцæнгарз куы уа æмæ йæ фарсыл размæ куы быра, уæд хъуамæ хъуыды кæна æрмæстдæр иу хъуыддагыл: тыхæй уа, æви хин æмæ кæлæнæй, уæлдай нæу, фæлæ зпагыл фæуæлахиз хъæуы. Уый нæ, уæд мын мæхиуыл фæуæлахиз уыдзæн. Æрпа’уыпдздзæн мæн бæласы цонгыл æмæ мын мæ пый- йарæг мады, мæ хæстæджыты, нæ адæмы мæ алыварс кафын кæндзæн. Гъе, æмæ цæмæй знаджы фæндтæ ма рауадаиккой, фæлæ мæхи фæндтæ, æрмæстдæр ууыл хъуыды кодтон, æндæр истæуыл мæ хъуыды кæныпмæ .<нæ равдæлди. — Æмæ дæ ныр дæр нæма равдæлд? — Ма* хъуыддаг нæу. Мæнæн æгъгъæд фод. Æз мæ туг бирæ фæкалдтон. Мæ дыууæ къахы цы тохы фæн- дагыл ацыдысты, ууыл иунæг машинæ дæр æнæ ремонт- юпдæй :нæ бафæразид ацæуын кæронмæ. -- Рæдийыс, Цæргæс, æрфæсмон кæндзынæ дæ дзырдтыл. Адæм сæ былы цъæрттæ мах фенынмæ хорд- той, ацы бæрзонд хæхтæй суанг Берлинмæ хæсты уæз- зау фæндагыл чи бахсыст, уыдонмæ. — Цæмæ, кусынмæ? — Æз дæм уæхимæ дæр къорд хатты бауадтæн. Фæн- дыд мæ базонын, цы кæныс, цы дыл ’æрцыдис, цы цух дæ, цæмæй тыхсыс, цæмæй дын умæбон баххуыс кæныи? Æргом пыхасы «ъæм нæй, фæлæ мæнæн тынг хъыг у, сæ къух дыл бирæтæ кæй ауигъы, уый. Ау, æхсæз мæ- йы размæ фронтæй кадджынæй чи ссыд, кæддæр хъæу- бæсты фæсивæды уд æмæ цæст чи уыд, уыцы Цæргæсыл цавæр фыдбылыз сæмбæлд? Цæмæн алæууыд, адæм цы стыр хъуыддагыл тох кæныиц, уымæй иуварс? Цы у йаз яххос? Уæд та кæд Цæргæс’нæу аххосджын, фæлæ мах, нæхæдæг? Æмæ кæдмах стæм аххосджын, уæд ды дæр раст нæ <кæные. Гвардион салдат ^ъуамæ алы ядæймагæн дæр йæ рæдыд зæгъа æргомæй, комкоммæ. Зылып хъуыддаджы ныхмæ хъуамæ тох кæна, дзæгъæ- лы æфхæрын ма уадза йæхи дæр æмæ искæйы дæр. Ау, ^æдæ ма ахæм стыр æмæ кадджын ном та цæмæн хæс- 40
сæм? Гъе æмæ дæм дзургæ дæр уый тыххæй фæкодтон, Цæргæс. Дæхæдæг мæ зоныс. Мæхи дын нæ амондзы- нæи. Фæлæ хæсты быдыры ды, Мысост, Сандыр, Ладе- мыр æмæ æз иу фæпдагыл бирæ фæцыдыстæм, æф- сæддон каокæтæй дон бирæ хæттыты банызтам; зæрдæ- пæ-зæрдæмæ бирæ хæттыты аныхас кодтам. — Кæд дын мæ амондæй нæ хъаст кæиыи, уæддæр дьш æргом зæгъын: ды райгуырдтæ уæлдай амондджын- дæр бон. Ау, уымæй диссагдæр ма дæ хъæуы. Цал æмæ цгл хатты фесты цагъды де ’мгæрттæ. Цал æмæ цал хат- аы фестæм цæфтæ æз æмæ Мысост, демæ уыцы иу рап уæвгæйæ. Уырыосаг зарæг куыд а!моны: хъæбатыра^й пæмыг тæрсы, хъæбатыры мæлæт пæ исы, раст афтæ \ыд дæ хъуыддаг дæр. Кæд нæ рæдийын, уæд хæсты фæнд’агыл кæранмæ ацыдтæ æмæ цъæррæмыгъд дæр никуы фæдæ. Уымæй уый зæгъынмæ нæ хъавын æмæ иокуы чындзæхсæвтæм лæгъз фæндæгтыл уадтæ. Нæ, ды ацыдтæ, Советон Æ-фсад цы кадджын хъуыддаг бах- хæст кодта, ууыл кæронмæ кад æмæ намысæй. Уыцы хæстон ларгъ фæндагыл, дæхи загъдау, иу машинæ дæр æнæ ремонтæй атулын нæ бафæрæзтаид. Æмæ мæн фæнды, тынг зæрдиагæй кæддæр хæсты быдыры цы стыр ард бахордтам амæлæты ’бонмæ, уый ч<уы нæ рох кæниккам; куы йæ дариккам æдзухæй нæ зæрдыл, кæ- рæдзиимæ сæмбæлгæйæ, куы уаиккам æргом иыхас. Кæддæрау ныр дæр куы æмбариккам нæ кæрæдзи. Иу нæ цæмæй хъæрзы, уый куы зонид иннæ. Мæнæ дæ кæн- гæ æфсымæр, хæсты быдыры тæссаг сахат цы ’мбæлт- тимæ бахордтай ард, «уыдонæй дын иу. Цæмæн дæ хъæуон — алцæмæн дæр дын цæттæ. Хæса’нæйы фæстаг ныхæстæ арф иыххызтысты Цæр- гæсы зæрдæмæ æмæ сфæнд кодта йе ’рдхордæн йæ зæр- дæйы æлхынцъ райхалын. Исдуг джихæй аззад, полмæ кæсгæйæ. Бæлвырд нæ зыдта, куыд æй райдыдтаид, уый. Иæ зæрдæйы цы стыр циндзинад хаста хæсты уæззау фæндагыл, сæрыс- тыр кæмæй уыдис, уыцы цинæй фæсхæст кæй равзæрд стыр маст æмæ йын, залиаг калмау, судзгæ кæй æу- уилы йæ зæрдæ. Бонæй-бон тынгдæр иæ домбай къабæз- ты тугдадзинты кæй хъары марг. 41
— Хæсанæ, — сабыргай сдзырдта Цæргæс, хатыд йе ’рдхорды раз стыр аххосджын кæй уыдис, уый. Ах- хосджыныл та йæхи нымадта уымæн, æмæ афоныл нæ бацагуырдта йæ хæстон æмбæлтты. Уый нæ, фæлæ ма Хæсанæйы дæр афоныл нæ абæрæг кодта. Уымæй йæм афтæ фæкаст, цыма сын цы ард бахордта, уый кад фæ- иыллæгдæр ’кэдта... Фæлæ дзурын райдайа, зæгъгæ, аф- тæ дуар |базыхъхъыр кодта æмæ йæ лæдзæджы фып- дзæй рог бахоста Ахберд: — Мидæмæ уæм æмбæлы, æви нæ? Ахберды размæ рауад Хæсанæ. — Уьий та куыд, цæуылнæ, дæ хорзæхæй! Ахберд сабырган, фæлæ домбай къахдзæфтæкæнгæ, бацыд мидæмæ æмæ сын раарфæ кодта. Хæсанæ сба~ дып кодта Ахберды. Лæмбынæг бакаст Ахберд Хæсанæ æмæ Цæргæсмæ. — Бахатыр кæнут, фæлæ уæ нал зонын, мæ хуртæ. • — Мæнæ уый нæ иог парторг у — Сырхауты Хæса- иæ. — Ай нæхи Хæсанæ куы дæ, алæбон нæм æгас цу, алæбон, ■— сцæйстæгау кодта Ахберд, фæлæ йæ Хæса- нæ пал бауагъта сыстыч. -- Амсндджын .бы-нат дын фæуæд, Бадзийау, адæмы уарзон куыд уай, — раарфæ кодта Ахберд Хæсанæйæн. — Æмæ Бадзийæ адæм хъаст -куы кодтой, — къах- гæ ’мхасæн пыхас скодта Цæргæс. — Нæ, нæ, тынг хорз парторг уыди, хъæубæсты аргъ уыдис иунæг йæхæдæг. — Дард æй нæ арвыстой, — цавæрдæр «æхсызгон- дзинадимæ сдзырдта Хæсапæ, цыма йын йæхицæй æп- пæлыд зæронд лæг, уæвгæ дзы куы æппæлыдаид, уæд ын, чи зоны, афтæ æхсызгон нæ уыдаид. Æмæ бамба- рын кодта Ахбердæн, Бадзи горæты партион окъолайы кæй ахуыр кæны, уый. — Гъемæ, мæ хуртæ, йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг уæд. Æгайтма йæ хъуыддаг афтæ хорз цæуы, æхсызгон мын у, бауырнæд дæ. — йæхæдæг Цæргæсы ’рдæм ра- гылд æмæ йæ афарста: — Ды та чи1 дæ, мæ хур? — Мæн дæр нал зопыс, Ахберд? 42
— Нал, нал, мæ хур, -*- Ахберд Цæргæсмæ лæмбы- нæгдæр ба’каст. — Хæсты замаыы иууылдæр алæгтæ стут, зæронд та уый -бæрц зæрдæргъæвд нал .вæййы. — Кæми нырма зæронд, — цыма йын ныфс æвæрд- та, уыйау загъта Хæсанæ, — уый Бибойы фырт у. — Кæй Бибойы? — Уæлæ Бадджериты Бибойы фырт. — Цæргæс? О, мæ хур акæнай! Кæс-ма, дæ хорзæ- хæй, куыд ныллæг ис. Гъы, æмæ дзæбæхтæ дæ? — Куыд уыныс, афтæ! — дзуапп радта Цæргæс- — О, мæ хур ак-æнай, — загъта ногæй Ахберд, — хæсты размæ дæр ма сывæллон уыдис. Афтæ тагъд алæг уа, уый æнхъæл дзы чи уыди. Æз дæ хаст уазал дæттæ бирæ хæттыты банызтон быдыры. Цæргæс Хæсанæмæ йæ цæст фæньикъуылдта. Хæсанæ дæр ын йæ сæры тылдæй бамбарьш кодта, ома хорз- дзинадæн рохгæнæн нæй. —Æлутэны хос уыдысты мæнæн дæр йæ дæттæ хæсты быдыры, — сдыдта Ахберды цæстмæ йе ’мбалы Хæсаиæ. — Цæргæс нæ уыд, уæд, чи зоны, æмæ цы ба- уыдаин. Ирон адæмы цæсгом нæ фæчъизи кодта. — Гъемæ, мæ хур акæнæд. Мæрдты рухссаг уæд йæ- фыд Бибо, уый лæгдзинадæй цух нæуйæ фырт дæр æмæ афтæ хъуамæ уа, уæдæ! Уый тыххæн уыл фæцин кæ- пæм, цæмæй нып масты хос ма уат, ф-æлæ пыфсы мæсыг. Бахатыр кæнут, кæд уæ бахыгдардтон миййаг? — Нæ, цæмæн афтæ зæгъыс Ахберд. — Уæдæ хорз, мæ хуртæ. Цæвиттоиы хъуыддагæп, знон зæрæдтæи уæртæ нæхи Ирæ... Ирæйы коймæ Цæргæс фæцымыдис, цы дзы зæгъын- мæ хъавы Ахберд, зæгъгæ. — Каст газеты паддзахады уынаффæ хор сбирæ кæ- * пыиы тыххæй. Гъемæ, цæвиттоны хъуыддагæн, мæ сæ- ры иу хъуыды бацыдис, иу ран мæ нал уадзы. Фарон дæр бæргæ уыдис мæ зæрды, фæлæ рынчьш уыдтæн. Уæвгæ Ахберд цы хъуыдыйы кой кæны, уый фаро- нæй иырмæ нæ уыд йæ зæрды, фæлæ йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ. — Цæвиттоны’ хъуыддагæн, уьгаын, адæм тынг змæ- лынц, тындзынц размæ. Цымæ, зæгъын, мæпæн мæ бон 43-
нæ бауйд искæцы ’рдыгæй ме ’ххуысы хай баппарын? Бауырнæд уæ, хæдзары бадынæй м.æ уæнгтæ нындзыг сты æмæ сæ айвазын хъæуы. — Æмæ дæм цы фæнд ис, Ахберд, уæддæр? — ба- фарста Хæсанæ. — Цæвиттоны хъуыддагæн, мах, зæрæдтæ, бауы- паффæ кодтам эвено саразын. Нартхор тауын зоиæч. уæдæ йæм зилгæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ бакод- там. Хæсаиæ лæмбынæгæй хъуыста Ахберды ныхаттæм æмæ йæ афарста: — Зын уы;ы «уы уа, А-хберд? — Бауырнæд дæ, æнцад бадын зындæр у. Нæ фы- дæлтæ-иу афтсе дзырдтой: уæгъды бадын, дам. æнæниз адæймаджы хъару сæтты. Хæсаиæ бакаст Цæргæсы ’рдæм. Цæргæсы цæсго- мыл ахъазыдысты тугдадзинтæ, æмæ йæ цæсгом фæ- сырх, цыма Ахберды ныхас ком’коммæ дæр уымæ арæзт уыди, афтæ рæстдзæф фæцис Ахберд. Хæсанæйæн æх- сызгон уыднс Цæргæсы цæсгомы фæсырх. Чидæртæ куыд зæгъынц, Цæргæс афтæ бæзджынцъар цæсгомы хицау куы уавд, уæд афтæ рогæй н& сырх кæнид, нæ фефсæрмы уыдаид. Фæлæ ацы хъуыддаг æвдисæн у: Цæргæс йæ азым кæй зопы, кæййæм бахъардзæнис уай- дзæф, кæй йæ ис ра-кæнæп раст фæндагмæ! — ахæм хъуыдытæ азгъордтой Хæсанæйы сæры. — Хорз, — æрæджиау загъта Хæсанæ Ахбердæн, — .^æз разы дæн уæ фæндоныл æмæ афæрсдзынæн Арысха- ны дæр. — Гъемæ, мæ-хур акæн, Арысхан дæр дæуæй уæлдай цы хъуамæ зæгъа. Ахберд сыстад, сыстадысты Хæсанæ æмæ Цæргæс дæр. Къулыл ауыгъд телефон дзæнгæрæг нъщцагъта. — Байхъус-ма\ Цæргæс, — загъта! Хæсанæ, йæхæдæг Ахберды фæстæ акаст. Фæстæмæ куы фæзынд, уæд ын Цæргæс загъта Арысханы чидæр агуырдта, зæгъгæ. — Федтай дæхи цæстæй, — Цæргæсмæ æввахсдæр бацыд æмæ йын йæ уæхскыл йæ -къух æрæвæрдта Хæса- нæ. — Уый кана Ахберд нæу эфтæ. Уæззау хæстæй цы ^тыр уæлахиздзинад æрхастам, уый æндон базыртæ ■44
басагъта нæ адæмыл. Ивылд донæй тынгдæр бырсынт размæ. Фæнды сæ, бомбæтæ сау фæнык кæм фестьш кодтой нæ арæзтæдты, уым та тагъддæр куы сырæзид ноджы стырдæр æмæ рæсугъддæр арæзтæдтæ. Уыцы ахсджиа.г куысты адæм семæ, сæ разæй куы феной мах, уæлахи’зхæсджыты, уæд сæм фæкæсдзыстæм уæлахиз- дзинæдтæм сидæг Сырх тырысайы хуызæн. Мæп фæн- ды, ды дæр немæ куы уаис, Куы ахъуыды кæнис... Абон цы рæдыдæн ис срасткæныны фадат, уымæп райсом æгæр куы байрæджы уа, куы нæ уал ын уа барасты амал, уымæй тæрсын хъæуы. Цæргæс зæрдиагæй хъуыста йе ’рдхорды пыхæстæм æмæ йыл дис кодта, куыд нæ фæивта мисхалы бæрц дæр йæ фидар зæрдæйы уаг, (куыд баззад уыцы дисса- джы адæймагæй. Ацы хаттæй тынгдæр никуы бабæллыд Цæргæс Хæсанæмæ. Цæргæс аххосджыны цæстæй бакаст Хæсанæмæ æмæ, æнæисты сдзургæйæ, ахызт æттæмæ. УА й Д ЗÆ Ф I Раджы батад хуры тын Хъазбеджы цъитийыл.- Æхсæвы таалм. йæ хъæбысы бакодта æрдзы сабыр-. дэинад. Арвы сатæг астæумæ стылдис, æрхуы тасы хуызæн, йæ дæлхыдзагæй мæй. Сыгъдæг у, тынт сыгъ- дæг арвы риу. Хæснагæй йыл иу митъы цъупп пе ссар- дзынæ. Цыма йыл исчи кæфойы дзаг цæхæртæ акалдта, уыйау ыл æрттивынц стъалытæ. Ацы уалдзыгон æхсæв тынг сабыр у Фарныхъæу. Раджы ныххуыссыдысты хæдзæртты цырæгътæ. Йæ цæ- рæг адæм ,кæнынц адджын фынæй. Стæм хатт хъæу- бæстæм рог уддзæф æрбахæссы тызмæг доны фынчыты сæр-сæр, базмæлын «æны бæлæсты къалиутæ сабыргай. Ахæм рæстæджы хъæугæронæй сыхъуысы куыйты рæйд. Æвæццæгæн, уддзæф йемæ æрбахæссы хъæумæ хъуы- зæг сырды тæф æмæ уый ауайы куыйты æмбудæнтыл. Мæнæ ацы æнафоны иу хæдзары раз бæласы аууон 45-
кæрæдзимæ дæрддзæфгомау лæууы дыууæ адæймаджы æмæ сабырæй схуыст ныхас кæнынц: — Æндæр зондахастыл ныллæууыдтæ æмæ дын уы- мæй хуыздæр ницы мæ бон у зæгъын, — мæстыйæ загъ- та чызг æмæ ’баивгъуыдта сæхимæ, йæхиуыл кæрты дуар рахгæнгæйæ. — Фæлæу-ма, — кæрты ’рдæм æвиппайды йæ риу ба- хаста лæппу æмæ исдуг, чызджы фæстæ кæсгæйæ, сагъ- дау, аззад, стæй бынозты ныуулæфыд, йæ сæр мæсты тылд бакодта. — Æз та дзы хæсты быдырмæ мæхицæн ныфсытæ æ.вæрдтон. Кæд кусыс, уæд дын уарзон дæн, кæд нæ, уæд нæй! Гъей, джиди, æз дын уьицы дзых... — Лæппу йæ дзыхыл фæхæцыд, Ахъуыды кодта. — Цæ- уыл æм мæсты кæпын, цæ? Цы мæ агуры’ йæхицæн? Уыдон уыдысты Ирæ æмæ Цæргæс. Цæргæсы цæстытыл ауадысты: хъазты радгæс Дзи- был сæ чысыл раздæр скъолайы клубы стыр симды куыд æрхæцын кодта иумæ, куыд фæрухсдæр ис Ирæйы цæсгом; куыд уæздан симд .кодтой, куыд æй нæ фæнды- дис йæ уарзонæй фæхицæн жæнын; уымæн æмæ чызг уыдта, йæ зæрдæмæ афтæ æввахс кæй æрбайста, цар- дæй йын зынаргъдæр чи уыдис, уыцы адæймаджы хъæу- бæсты симды, хъæубæсты æмрæнхъ. Æмæ, æцæгдæр, Ирæ, клубмæ бацæугæйæ, куы фед- та Цæргæсы, уæд тынг фенкъард. Нал æм хъардта адæ- мы ципдзинад, фæлæ.та йæ арф сагъæсты аныгъуылд. Ирæ хъуыста æнцад Хæсанæйы докладмæ. Æмæ иу- гæр Хæсанæ куы скодта Цæргæсы кой, уæд, топпы гæра- хæй хъæды сырд куыд фестъæлфы, афтæ фестъæлфыд Ирæ дæр. Иæ уадултæ асырх сты, сусæг цинбахъуызы- ди зæрдæмæ, йæ къæлæт æрфгуытæ сæхиуыл схæцыдыс- ты йæ цæстытæ, стъалытау, калдтой цæхæртæ æмæ, бæр- зонд рындзы сæрæй арф комы бынмæ сæрджын сагкуыд фæлгæса, афтæ йæ цæстæнгас сарæзта Хæсанæмæ. Симды Ирæйы [цонгыл куы æрхæцыд Цæргæс йæхæ- дæг дæр, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йæ зæрдæйы ны- рыуонг цы маст æрымбырд, уый æвиппайды атади Ирæ- йы рæсугъд нæстæнтасæй. Фæлæ уыщы цин бирæ нæ ахаста. Фæцис хъазт. Фæшырх сты адæм сæ хæдзæрт- I тæм. Дзибыл æмæ Дзæйнæт сарæзтой Цæргæсæн Ирæи- 46
мæ аныхас кæнынмæфембæлыны фадат. Аивæй сæ адæ- мы ’хсæнæй фæхицæн ’кодтой. «Æмæ дын. уый та нæ пыхас», — ахъуыды кодта Цæргæс- — «Фæуагъта мæ дуармæ иунæгæй. Цæмæн? Цæй тыххæй?» Сыхаг уынджы ’рдыгæй æрбайхъуыст ныллæг хъæ- лæсæй зарын. Æхсæвы фæлмы зæлыдысты йæ рæсугъд тмыртæ, лæвæрдтой цавæрдæр æхсызгондзинад. Цæргæс æм лæмбынæг байхъуыста æмæ базыдта Хæ- санæйы йæ хъæлæсæй. Исдуг æм бакæстытæ кодта, хъа- выд йе ’рбацыдмæ фæлæууын, фæлæ тарст ахæм æр- хæндæг зæрдæимæ йæ куы ’рбаййафа, зæгъгæ, уæд ын фехалдзынæн йæ циндзинад. Уымæ гæсгæ араст уын- джы уæлæмæ. Йæ сæры зилдух кодтой Ирæйы тыххæй алыгъуызон хъуыдытæ. 2 Хæсанæ фæлмæн диваныл æрбадт йæ хойы фарсмсР æмæ йæм лæмбынæг бакаст. Ирæйы цæстытæ ма уыдыс- ты умæл. Хæсанæ базыдта, Ирæ кæугæ кæй кодта, уый. Стæй Ирæйы ацы изæры цæссыгтæ Хæсанæйы аххос- кæй уыдысты, ууыл дæр дызæрдыг нæ кодта. Фæлæ Хæ- санæ барæи афтæ бакодта: Уый иуæй фæндыдис, царды фæндагæй иуварс чи фæчиудта, йæ уыцы æрдхордæн баххуыс кæнын æмæ йæ фæстæмæ раст фæндагыл сæ- вæрын. Аннæмæй та Цæргæсимæ 1куы сæмбæлд, æмæ йын уый пæ зæрдæйы тыппыртæ кæрæй-кæронмæ куы æрдзырдта, уæлдай тынгдæр та Ирæйы тьгххæй, уæд ын тынг фæтæригъæд кодта. Цæвиттоны хъуыддагæн, Цæрга^с хæстæй 1куы ’рыз- дæхт, уæд Сырхауты Ирæйæ хæсты быдырмæ цы уар- зондзинады писмотæ иста, уыдонæй ныфсджын уæв- гæйæ, йæ æрцыды фыццаг изæр «Уæлахизы» «колхозы донласæг, йæ хорз æмбал Дзибылы барвыста Ирæтæм æмæ дзы куырдта,, цæмæй фембæлдаиккой. Ирæйыл цы- ма хур æрбакаст, афтæ æхсызгон ын уыдис Цæргæсы æрщыды хабар. Æмæ, ирон æгъдæуттæ нал æрхъуыды кæнтæйæ, йæхи арæвдз .кодта æмæ Дзибылимæ фæцæ- уæг. Чи зоны, Ирæмæ Цæргæсы хæдзармæ (бацæуын 47
уадиссаг æмæ тæссаг нæ фæкаст, уымæн æмææдзухæГг кæд райæххæсткомы техникон секретарæй куыста, уæд- дæр йæхи хъæуы цæрджыты ’хсæн уыдис хуыздæр аги- таторыл нымад. Иу æмæ дыууæ хæдзары-иу нæ бамн- дæг, миййаг, хистæртæн-иу газетты касти Совинформ- бюройы хабæрттæ. Иуæй-иу хæдзæртты йын кæсын код- той, фронтæй цы писмотæ истой, уыдон. Фронтмæ йын фыссьгн кодтой дзуаппытæ. Цæвиттон, Ирæйыл хъæубæсты цæрджытæ афтæ фæцахуыр сты æмæ-иу æрæгмæ кæй хæдзармæ фæзынд, уый-иу ын уæздан уай- дзæф бакодта: «Ирæ, мах бынтондæр ферох кодтай», «нæ цæстытæ дæумæ æнхъæлм.æ кæсынæй ныуурс сты». Ахæм мадæлтæ дæр дзы уыдис æмæ-иу кæд ног пис- мо нæ райстой, уæддæр ын-иу зæроид писмо ногæй кæсын кодтой. Ирæ-иу æй кæд базыдта, уæддæр-иу ный- йарджыты нæ фæхъыг кодта, бакаст-иу сын æй. Ирæ йæхæдæг дæр иуæй-иу хæдзæрттæм цыдис уæлдай æх- сызгондæрæй. Уыцы хæдзæрттæй та уыдис Бадджериты Бибойы хæдзар дæр. Бйбо йæхæдæг раджы амард, фæ- лæ кадджын, куыстуарзаг лæг уыд æмæ йæ фырт Цæр- гæс куы ралæг, уæддæрниу ады хæдзармæ бадзырдтой Бибойы номæй. Ирæйы ардæм ласта цыдæр æнахуыр тых. Цæргæсы мад Къудухон уыдис ацæргæ ус. Цæвит- тон, иу ссæдз азы бæрц фæцардис йæ лæг Бибоимæ, фæлæ сын зæнæг нæ \цыдис. Стæй йын æрæджиау рай- гуырдис цъæхдзаст лæппу, рахуыдтой йæ Цæртæс. Фæ- лæ Бибо, йæ лæппуйыл дыууæ азы нæма сæххæст, афтæ амард. Къудухон ног амонд нал бадагуырдта. Хъомыл кодта йæ иунæг хъæбулы. Хъæубæстимæ цард хæларæп. Уымæ гæсгæ йæ рох ницæмæп кодтой. Хæст куы райдыдта, уæд йæ иунæг хъæбул Цæргæс барвæндонæй хæстмæ адыдис. Фæлæ фыдцат аз хæстæн хъуыст уæззау хабæрттæ. Къудухон -кæд йæ иунæгфыр- ты мæтæп сусæг хъарджытæ кодта, уæддæр сæм иубон Ирæ куы фæзыпд, уæд йæхи æвдыста хъæлдзæггьуыз. Ныр, Хæсанæйы фарсмæ бадгæйæ, Ирæйы цæстытыл, цæмæдæр гæсгæ, ауадысты уыщы хæсты бонтæ æмæ Цæргæсы мад Къудухон. Ирæмæ афтæ каст, цыма Къу- ’духон æмбæрста йæ фырт æмæ Ирæйы бастдзинад. Фæ-. лæ йæ пикуы равдыста. йæхи афтæ дардта, цыма æп- 48
пындæр ницы зоны, ницы ’мбары. Уарзта чызджы хи хъæбулы хуызæн. Ирæ йæм йæхæдæг дæр .касти уарзон мады цæстæп. Бахъуаджы сахат ын фадат ’кæм уыдис, уым ын æнæистæмæй баххуыс кæнгæ нæ фæцис. Куы нын-иу фæтæген самал кодта, куы та йын-иу суг æрла- сын кодта. Къудухон иу æмæ дыууæ хатты нæ батæху- ды кодта Ирæйы фæстæ кæсгæйæ: «Тæхуды, тæхуды, æмæ ды мæ чындз куы уаис æмæ м.æ иунæджы дæуи- мæ амоидджыпæй куы фенин, цардæй æндæр стырдау) амонд нал домын». Æмæ цæй амондджын каст йæхимæ Ирæ дæр! йæ зæрдæйы |цы диссаджы фæндтæ нывæрдта, уыдон ын кæддæриддæр лæвæрдтой цавæрдæр сусæг ципдзинад. «Уымæй цы хорз уаид, хи чызджы цæстæй мæм чи кæ- сы, уыцы Къудухоиимæ: сабыр, хиуылхæцгæ, цыма уæлдай сныхасæй тæрсгæ кæны, уæздан, кадджын». Хæсанæ исдуг ницы дзырдта. Уый хорз æмбæрста: йæ хо арф хъуыдыты аиыгъуылд. Ницы дзырдта Ирæ дæр. Фяелæ Ирæ хатыд ацы æнафоны йе ’фсымæр дзæ- гъæлы кæй нæ фæзынд, æмæ кæй ницы дзырдта, уыцы сабырдзинад æвдæрзта Ирæйы. — Ирæ, мæ каэстæр дæ, м<æ хо æмæ дæм хъуамæ ба- уæндон. Дæумæ куы нæ бауæндоп, уæд ма уæдæ кæмæ бауæнддзынæн. Дæ хорзæхæй, сау гæды азгъордта уе ’хсæн, цы уыл æрцыди? — Кæй 1кой кæныс? — æнæрхъуыдыйæ сирвæзт Ирæ- пæ. Уæвгæ йын йе ’фсымæр -кæп кой кодта, уый тынг хорз зыдта. — Уымæп^мæ дзæгъæлы фæрсыс, фæлæ фæуэед аф- тæ. Мæн базонын фæнды, Цæргæсимæ уыл цавæр фыд- былыз сæмбæлдис, уый? Ирæйыл, цыма, исчи уазал доны къæрта бакалдта, уынау фæцис Цæргæсы ном фехъусгæпæ. Йæ маст схæц- цæ ис йæ хъуырмæ. Фæлæйæ уæлдæр нал суагъта, уым æй.фелхынцъ кодта æмæ йæ фæстæм.æ аныхъуырдта, Р1æ рæсугъд цæстытæ разылдта доны. Фæлæ æрдæбон, чы- сыл раздæр куыд гæр-гæр кодтой, афтæ сæ нæ бауагъта æрхауын, ахус сæ кодта цæстыты хъузджы. Æмæ Хæса- нæнæн æргомæп загъта: — Бахатыр кæн, фæлæ пæ |цы ’мбæхсон дæуæп. Зно- 4* 49
ны сывæллон нал дæн. — Хæсанæ уæлдап хæлардæры тыххæй йæ хойы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта, цьша йын хъазгæйæ зæгъынмæ хъавыдис, нанаты номхыгъ- ды дæхи æгæр раджы афыстай. Фæлæ йæм дзургæ ницы скодта. Иæ йæ фæндыд, йæ ныхасæй йæ бахъылдардга- ид, уый. — Ды хорз зоныс, Цæргæсимæ нæ хæлардзинад цал азы ахаста, уый. Иу æмæ дыууæ адæпмаджы мыл уыцы азты дæргъы нæ сæмбæлд, фæлæ сæжой дæр никуы ни- кæйы бауагътон. Уымæи афтæ зæгъынмæ нæ хъавыл æмæ мын пыр æгæр байрæджы ис. Нæ. Нырма мып на- наты номхыгъдмæ æгæр раджы у. Хæсанæ йæ мидбыл бахудт, йе ’рдæбоны сусæг хъуы- дытæ йын Ирæ кæй загъта, уый тыххæй. — Фæлæ цæмæн ф>есты уал азы рыстзæрдæйы са- гъæстæ дзæгъæлы? йæ сыгъдæг хъуыдытæ æмæ бæл- лицтæ цæмæн баивта арахъхъыл? Бынтон мæм æндæр адæймаг касти, уæд мæ цæй куырм бакодта мæ уарзон- дзинад? Цæуылнæ йæм рахатыдтæн уæд^та иу сахъат- дзинад исты æмæ йæ мæхицæн цæуылнæ фенад кодтон* — Мæ зынаргъ, кæддæры гыццыл хо, Ирæ. Дæхицæн æй нæ фенад кодтай, уый тыххæй æмæ Цæргæс рагæй- æрæгмæ дæр уыдис сæрæн, æгъдауджын, хæларзæрдæ, æмгаруарзаг. Уыщы хорз миниуджытæ йæм ноджы тынгдæр сырæзтысты хæсты быдыры. Хæст чысыл но? фæхъазыд адæмы нервтыл. Иу æмæ дыууæ хæстоны нрр аурс сты æвзонгæй. Иу æмæ дзы дыууæйы зынг нæ ба~ хуыссыд. Фæлæ ныртæккæ ууыл нæ дзурдзыстæм. Ныр- тæккæ дзурæм Цæргæсыл, уый йæ раст фæндагæп иу чысыл фæтасыд. — Чысыл нæ, фæлæ <бирæ. — Бирæ нæ, чысыл, фæлæ мæн фæнды базонын: Цæр- гæс куы фæтасыдис, уæд æм радтай дæ къух æмæ йыи загътай: «Цæргæс, æвзæр фæндаджы ’рдæм фæтаоыд- тæ, мæнæ дын мæ къух» Фæрсын дæ: бакодтай афтæ? Нæ бакодтай! Цæргæс, ды былæй кæй апларай, ахæм адæймаг’нæу. Цæргæсы аргъ зонынц йæ хæстон æм- бæлттæ. Уый тыхст сахат алкæйы тыххæй дæр йæ уд мæлæтмæ лæвæрдта. Иу æмæ сæ дыууæйы нæ фервæ- зын кодта мæлæты стæгдар къухтæй. Иу æмæ дыууæйы 50
мæлæтдзаг цæфæй нæ рахаста. Бамбардзæн йæ рæдыд, ,фæлæ мæнмæ стыр диссаг кæсы: >куыд бауагьтай фæцу- дын дæ уарзондæр адæймаджы?! Цæуылнæ йын ныххæ- цыдтæ йе ’уæхсджытыл æмæ йæ цæуылнæ ныууыгътай? Хæсанæйы алы ныхас дæр Ирæйы зæрдæйы цахæм- дæр хъарм бынат ардта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд: Цæр- гæс хæстæй куы ’рыздæхт, уæд ын иæ разы цæхгæр фарст æрæвæрдта: «Бар мын радт æмæ уæм къуырийы фæстæ минæвæрттæ барвитон!» — куырдта уæд Цæргæс Ирæйæ. Фæлæ йæ Ирæ дзурын дæр не суагъта. Уый та куыд, зæгъгæ, бæстæ хæлд æмæ мæгуыр. Хæст нын нæ кармæ бафтыдта, фæлæ нæ ахуырмæ та? Сахуыр уал кæнæ,м, фæуæм æххæст институт... «Институт фæуын мæ бон нæу. Иунæг мад мын ис Æмæ нырма йæ дзыхы дзаг никуы-ма сулæфыдис. Стæй æз дæр хæсты бур физонджытæ нæ хордтон, топпыхосы фæздæг смыстон æмæ уал мын æгъгъæд фæуæд зындзи- нæдтæ», — дзырдта Цæргæс. Зæгъгæ, уæд Цæргæс йæхи кой не скодта, уæд чи зоны æмæ Ирæ ницы сдзырдтаид. Фенхъæлдтаид æцæг йæ мадыл мæт кæны, æмæ уымæ гæсгæ цæхгæр фарст сæвæрдта. Фæлæ иугæр йæхи кой куы ракодта, уымæй дæр бур физонджытæ нæ хордтон, топпыхосы фæздæг омыстон, зæгъгæ, уæд уый Ирæ та бамбæрста йæхирды- гонау, ома сымах ам æдас ран уæ фæллад уагътат. Уьгмæ гæсгæ йын тызмæг дзуапп радта. Ныхас ракъахта ныхасы æмæ сын фæстагмæ рахызтис хылмæ. Уæдæй фæстæмæ Ирæ йæхи дæрдты ласта Цæргæсæй. Фæцйс йæ зæрдæмæ хъусыныл. Æнхъæл уыд Цæргæс дзы ха- тыр ракурдзæн æмæ та бафидаудзысты. Фæлæ Цæргæс йæхæдæг дæр мæстыйæ йæхи.цы æфхæрдта, æндæр Ирæ- йы æмгæрæтты нал цыд, тарсти уыимæ æнæнхъæлæджы фембæлдæй дæр. Фæстагмæ йæ маст басæттынæн ссард- та нозт. Бонæй-бон тынгдæр нозта æмæ, æппынфæс- тэг, кæддæры æгъдауджын Цæргæсыл абадт фæсномыг арахъхъы къупри, зæгътæ. Фæстагмæ атыппыр Ирæйы масты дзæкъул æмæ, хæлбурцъгæнгæ, схæццæ йæ хъуырмæ, фæлæ йæ аныхъ- хъуырын нал бафæрæзта, фемæхстысты йæ цæстысыгтæ. — Цæссыгтæ дæр хорз, мæ хо, — рæвдаугæ хъæлæ- 51
сæй сдзырдта Хæсанæ,—нфæлæ Дыууæ ран куы æрдиаг кæнат, уæд уымæй уæ рыст æмæ маст нæ фæкъаддæр уыдзæн. Æнкъард, зæрдæрыст адæймаг та асæст бонæн уæддай нæу. Мæн фæнды, мæ хо- уа зæрдæрухс, амонд- джын. РАГОН ХÆЛÆРТТÆ Мызо агуырдта шофыры бьгнат. Къорд раны йын ныфс бавæрдтой, фæстæдæр нæ-иу абæрæг кæн, ног ма- шинæтæ райсынмæ æнхъæлмæ кæсæм, зæгъгæ. Фæлæ Мызойы бон бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ уыд. Уымæ хæ- дзары бадын Ъаст зæрдæнизы хуызæн. Иу бон ын йе ’мбал Сырхауты Хæсанæ загъта: — Партипы райкомы фьгццаг секретары хъæуы шо- фыр, йæхион горæтмæ ахуыркæнынмæ цæуы. Мызо йæхæдæг дæр фехъуыста, лартийы райкомы секретары шофыр кæй хъæуы, уыцы хабар, стæй зыдта, кæм цæры, уый дæр, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста бафæр- сынмæ. Хæсанæйæн зæгъынмæ хъавыдис уырдæм мæн нæ айсдзысты, зæгъгæ, фæлæ йын уый уæдмæ йæ су- сæг хъуыдытæ фескъуыдта: — Æз ^кадрты хицауæн зæгъдзынæн æмæ дæм уæд хабар уыдзæн. Дыккаг бон райсомæй партийы райкомы кадрты хи- цау Слонаты Хъазыбег ныхас кодта Мызоимæ. Бирæ йьгн фæракæс-бакæс кодта йæ документтæм. Лæмбы- нæг ын бакасти йæ автобиографи. Иу цалдæр хатты йын рафæлдæхта йæ фæллойады чиныг, ногæн йын æркаст йæ паопортмæ дæр æмæ йæ афарста: — Фронты уыдтæ? Сланы фырты фарст диссаг фæкаст Мызомæ, уымæн æмæ уый йæ автобиографийы уæлдай бæлвырддæр ныф- фыста йæ хæстон щард æмæ тохы фæндаг. Уымæ гæсгæ йын цьгбырæй дзуапп радта: — Уыдтæн! — Æфсады дæр шофырæй куыстай? — О, фæстаг дыууæ азы. Æндæр ницæмæй уал бафарста Слоны фырт Мызойы, 52
фæлæ йын бафæдзæхста тæккæ райсом кусын райдай, зæгъгæ. Дьиккаг бон Мызо куыстмæ нæ фæзынд. Уый дис код- та. Слоны фырт æй кæй нæ бафарста сæйратдæр хъуыд- дагæй: тæрхонгонд ын уыдис, Арвы’камы фæндагыл уæз- ласæн машинæйыл кусгæйæ, йæ машинæ кæй атахт æмæ арф комы кæмдæр ,иæй ныппырх, уый тыххæй. Тæрхон- гонд ын кæй уыд, уып тыххæй фыст уыд йæ паопорты дæр, стæй йæ автобиографийы дæр, фæлæ йæ уæддæр Слоны фырт нæ бафарста. «Æмæ йæ кæд нæ федта мыййаг? Ау, æмæ мæ авто- биографи куы бакаст, æви йæ не ’рхъуыды кодта? Гъе йын æй кæд мыййаг Хæсанæ загъта? Æмае йын æй кæд нæ загъта, уæд та? Нæ, афтæмæй нæ райдайдзынæн ку- сын. Уадз æмæ партийы райкомы секретарь хабæрттæ рагацау зонæд иууылдæр, уæд адæймаг уыдзæн цы- фæнды стьгр хицауы рав дæр æнæкъæмдзæстыг». Мы- зойы зæрдыл æрлæууыдис, тæрхонгонд цæй тыххæй æр- цыдис, уыды кæддæры уæззау хабар. Уый та уæвгæ уыдис афтæ: . Мызо æвдæм къласы куы ахуыр кодта, уæд ам.ард йæ фыд. Уыцы аз йæ ахуыр нал ныууагъта, фæцис æв- дæм кълас каст, изæрæй тацыдис шофырты курсытæм. Сæрды каникулты рæстæг сæ хъæумæ фæзынд гор-æтæй иу бæрзондгомау лæппу, йæ ном Уари. Фыд дæоны уыд зарынмæ, ныв кæнынмæ. Йæ рæсугъд буарыл алыгъуы- зон хъулæттæй зындысты цъæх ахорæнæй нывтæ. Мызо тынг балымæн Уариимæ. Уæлдай адджындæр фæцис Мызо йæхæдæг дæр Уарипæн. Мызойы фидар къабæзтæ æмæ рæсугъд цæогоммæ цыма бæлгæ кодта, афтæ зындис, уæвгæ йæхæдæг дæр рæсугъд цух нæ уы- дис. Сæрды арæх цыдысты иапынмæ. Змисыл-иу уазæг Мызойы ахуыр кодта хъæбысæй хæцын. Уазæг лæппу цыд, уый карæнæн куыд не ’мбæлы, афтæ арæзтæп. Ран- дианы Мызо æнхъæл уыд исты стыр адæмы фырт у, зæгъгæ, фæлæ фæстагмæ Уари куыд дзырдта, афтæмæй йын иунæг хо йедтæмæ ницы уыди. Иухатт та иæсагах- сынмæ куы фæцæйцыдысты, уæд фæндагыл сæмбæлдыс- ты иу стыр калмыл. Калм, лæппуты ауынгæйæ, йæ сæр 53
бæрзæндты систа, йæ хъустæ, сыкъаты хуызæн, къуы- быр дардтой. Йæ дзых бахæлиу кæнгæ, йæ судзины хуызæн æвзагæй æртхъирæн кодта. Мызо агæпп ласта иуварс æмæ уайтагъддæр дуртæ фелвæста. Уари нæ фезмæлыд йæ бынагæй. Уый каст комкоммæ калммæ, калм та — Уаримæ. Уазæг бамбæрс- та, и<алм алидзын фæнд кæй нæ кæны, фæлæ кæй æр- лæууыдис сæ ныхм’æ. Калмы налатдзинады тыххæй би- рæ хæттыты фехъуыста хистæртæй, бирæ бакаст лите- рагурæ дæр æмæ зоны, калм ныхмæ куы ’рлæууа, уæд уый кæй у сæ тæккæ тæссагдæртæй. Ахæм кæлмытæ сæхи уыцы иу æхст фæкæньищ лæгыл æмæ ныл сæхи атухынц. Куы ’фæтæрсай æмæ дзы куы алидзай, уæд та дæ хъуамæ фæсте сура. Уьгцы хъуыддæгтæ зæрдыл дар- гæйæ, Уари комкоммæ каст калммæ æмæ сдзырдта Мы- зомæ: — Нæ хъæуы дуртæ, — йæхæдæг, йæ дзыппы цы бæмбæг дардта, уымæй иу бындзыг ратыдта. Хистæр æмæ йæ амонæн æнгуылдзыл атыхта. Дыууæ æнгуылдзы бахаста комкоммæ калмы дзыхмæ. Калм базмæлыд. Тынтдæр, базмæльгн кодта йе ’взаг. Афтæ тынг æй змæ- лын а<одта, æмæ зынд, цыма йæ комы иу_ цалдæр æвза- джы ис. Мызойы зæрдæ тæсæй барызт, фæлæ сдзурын нал бафæрæзта. Калм йæ маргæйдзаг æвзаг, фатау, фæ- цавта бæм’бæджы æмæ йæ фæстæмæ раскъæфынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ Уари ацахста дыууæ ’нгуылдзы ’хсæн æмæ калмы фелвæста йе ’взагæй уæлдæфмæ. Калм йæ ’ къæдзил атыхта Уарийы цонгыл æмæ йæ ’рбалхъывта. Уари, йæ хъæлæсы дзаг ныххудгæпæ,,пæ цонг бадардта Мызомæ. —• Кæс-ма, кæс-ма, йæ тых мыл æвзары. Мызойы цæсгом мæрдон фæлурс ацис. Фыртæссæй йæ сæры хъуын арц обадти. Уари фемдзаст Мызомæ, æмæ йæ фæлурсæй куы ауыдта, уæд æм сдзырдта: — Гъе, уæу-уай, гъе, хъæбатыр Мызо, цæмæй фæ- тарстæ, калмы йедтæмæ -куы ницы у, уæд? — æмæ цы- ма йæхи хъæбатырдзинад æвдыста мæнæ нæ кæ- сыс, зæгъгæ, æз дзы куы нæ тæрсып, уыйау калмы буар йæ рустыл æруагъта, стæй æвиппайды, цыдæр ахъуы- 54
дыкæнгæйæ, æрбамæсты Мызомæ. Хъыг ын уыдис ахæм хъаруджын лæппу кæй фæтарст калмæй. —Иу ницæйаг калмæй афтæ тынг кæмфæтарстæ, уым уагæры стырдæр æмæ тæссагдæр ранмæ куы бахауис, уæд цы ми кæнис? — йæхæдæг уыцы иу мæсты æвнæлд фæкодта калмы къæдзилмæ. Галиу къухæй йæ айхæлд- та йæ донгæй æмæ йæ адаргъ кодта дыууæ къухы ’хсæн. — Гъе, æндæр ма исты у? — стæй къухтæ уыцы иу тъæпп а,кодта фæйнæрдæм æмæ ’калмы æвзаг иу къу- хы аззад, буар та-— иниæйы. Уари аппæрста калмы зæхмæ. Калмæн йæ буар ба- ризæгау кодта. Мызойы ’тас фæкъаддæр, фæлæ бам- бæрста, уазæджы тæсты йæхи кæй бафтыдта, кæй фæ- тарст, уый тыххæй. Хуры зынг цæст сыгъта бæстæ. Ауæзты цурмæ куы бахæццæ сты, уæд та раластой сæ дарæс æмæ та цыбыр хæлафы змисмæ багæпп кодта Уари, фæлæ гæпп куыд тагъд бакодта, афтæ тагъд ратахт фæстæмæ дæр. — Гъе, уын хъуыддаг у, гъе, Мызо! Афтæ тæвд у змис æм’æ дзы къæхтæ нæ лæууынц. Уари азгъордта иу цалдæр къахдзæфы фæстæмæ, стæй уыцы иу тахт размæ акодта æмæ, ауæзты был йæ къæхтæ авæргæйæ, уæлдæфы зилла’кк ацарæзта æмæ доны цырены уылæнты ’хсæн æрбайсæфт. Уый фæстæ^ йæ буарыл доны æртæхтæ дæлæмæ згъордтой, афтæ- мæй тæвд змисыл йæхи ауагъта. Ракодта Мызойæн, кæддæр чиныджы цы диссаджы фыст бакаст, ахæм таурæгъ. Уьщы бон Уари скодта Мызойы риуыл бæгънæг сылгоймаджы пыв, калмы хуыз сылгопмаджы буарыл" æртухгæйæ. Йæ рахис къухыл та йын уæлдай рæсугъддæр скодта, стыр къæдзæхы сæрмæ æрбадæг фæтæибазырджьш цæргæсы ныв, йæ разы йæ холы, аф- тæмæй. Уый фæстæ бонты та иныæ нывтæ дæр. Раидай фыицаг бонæй суанг Уарийæ фæхицæны онг Мы^о къæмдзæстыгæп иæхи хатыдта, æмæ йæ кæд нæ фæн- дыд пæ рæсугъд буар алыхуызон пывтæй схъулæттæ кæнын, уæддæр сдзырдхъом пал фæцис, мыпйаг та мыл йæ зæрдæ куы фæхуда, зæгъгæ. Æмæ пын уыцы дисса- 55
джы хæрзарæхст Уари цавæрдæр судзин æмæ нъæх хо- сæп йæ æнæаипп буар схъулæттæ кодта алыгъуызон нывтæй. Фæстаг хатт ма ауæзтмæ куы ацыдысты, уæд Уари бафарста Мызойы: — Нæ дæ фæнды мемæ ацæуын горæтмæ? — æмæ, чысыл ахъуыдыйы фæстæ, йæ дзырдтæм бафтыдта, -- иумæ пæриккам, цæуиккам æдзухдæр кинотæм, театр- тæм, циркмæ. — Æмæ ахуыр та? — Гъе, дæ бындар фæуай, адæм иууылдæр ахуыр- гæндтæ куы суой, уæд ма кусгæ та чи тсæндзæн? — къа- хæгау загъта Уари. — Ды ахуыр нæ 1кæны»с, уæдæ? — бадис кодта Мызо. — Æз? — фæрсæджы каст бакодта Уари Мызомæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныххудти. — Æрра дæ æви, æнæ- кусгæйæ цард куы уа, уæд ма куыстæй та цы кæныс. Мызойы сæр нæ ахста Уарийы ныхæстæ, фæлæ цæх- гæр ныллæууыд Уарийы фæндоны ньихмæ. Уари, хорз хистæр сæрæн кæстæрæн куыд фæамопы, афтæ йын амыдта з-æндтæ æмæ дзы раппæлыд: — Афтæ, афтæ, Мызо. Мах рæстæджы æнахуыр- гонд адæймаг уæвын, уæлдайдæр ’мах карæнтæн, худи- каг у, æнæсæрæндзинад. Мах рæстæджы алы адæймаг дæр хъуамæ уа ахуыргонд, тыхджын, æхсарджын, цы- быр дзырдæй, алцы дæр. Уари лæмбынæгæй радзырдта Мызойæн й<æ цард: кæй ахуыр кæны горæты паддзахадон педагогон инс- титуты историон фа’культеты æмæ тынг бирæ кæй уар- зы канд истори нæ, фæлæ литературæ дæр. Мызо йæ- хæдæг дæр бирæ уарзта чингуытæ кæсын. Уымæ гæсгæ йын уæлдай æхсызгондæр уыдысты Уарийы ныхæстæ, арф сæ айста йæ зæрдæмæ. — Чиныг хъуамæ уа нæ хуыздæр хæлар. Чиныг ба- кæс, уый æгъгъæд пæу, хорз чиныгæй райсын хъæуы зонд, — Уари лæмбынæг бамбарын кодта Мызочæп. Мæйы фæстæ Уари горæтмæ куы цыд, уæд йæ адрес пыууагъта Мызомæ æмæ пын загъта: — МыГгйаг искуы горæты куы уай, уæд-иу мæ æнæ- абæрæггæнгæ ма’фæу. 56
Мызо æвдæм къласимæ каст фæцис шофыры курсы- тæ дæр. Дарддæр ахуыркæнынмæ йын амал пæ уыд. Куыста сæ колхозы шофырæй. Бирæ бауарзта йæ дæс- ныйад. Уый фæстæ куыста Арвыкомы фæндагыл. Иу- хатт йæ машинæ батардта, Уари йын цы адрес радта, уырдæм. Æрурæдта машинæ. Бацыд кæртмæ æмæ ба- фарста иу ацæргæ сылгоймаджы Уарийæ, ахæм æмæ ах- æм адæйм.ат ам цæры, æви нæ, зæгъгæ. — Кæмæй у йæ мыггаг, зæгъыс? — ногæй афарста зæронд ус Мызойы. — Хестантæй, — цыбыр дзуапп радта Мызо. — 0, царди. Æмæ йæ ды цæмæй зоныс, дæ нывонд фæуон? — рæвдаугæ хъæлæсæй бафарста зæронд ус. — Ме ’рдхорд у, — цыбыр дзуагш та радта Мызо. — Де ’рдхорд? — ахъуыды кæнгæйæ, йæхинымæры дзурæгау скодта зæронд ус. — Мæ мады хай, бахатыр «кæн, фæлæ мæ машинæ- дуармæ лæууы æмæ... — Дæхи машинæйыл дæ? — О, мæхи машинæйыл! — мæсты .кæнын бандыдта Мызо, зæронд ус æй дзæгъæлы ныхæстыл кæй дары, уый тыххæй. Кæрты фæзынд иу æрыгон чызг. Мызо, зæронд усæй хатыр ракургæйæ, афарста чызджы Уарийæ. — Уари, — загъта чызг, — фæцис каст институт æмæ- Дард Хурскæсæнмæ адыд. — Дард Хурскæсæнмæ? — чызджы ныхас цыма нæ бамбæрста, уыйау бафарста Мызо. — Дард Хурскæсæнмæ. — Бахатыр кæн, фæлæ.ды афтæ бæлвырдæй цæмæй зоныс Уарийы? — чызджы рæсугъд цæсгом фæсырх. Мызомæ хардзау фæкаст пæ фарст. Мызо фенхъæлдта, зæгъгæ, чызг Уарийы уарзоп у, гъе та æндæр ахæм исты зангæ, фæлæ уæдмæ чызгиæхæдæг дзуапп радта: — Ме ’фсымæр у. — Таня! — цыма рагæй зонгæ уыд йемæ, уыйау стыр цинимæ сирвæзт Мызопы ныхас. — Таня, — дисгæнгæйæ, дзуапп радта чызг дæр, — бахатыр кæн, фæлæ дæ æз куы нæ зонын. — Æз Мызо дæн. 57
— Мызо? — цыма чызгыл хур ракаст, афтæ йæ цæсгом ныррухс. — Мидæмæ! — Таня фæсаууонмæ, Уарийы ныхæстæй хорз зыдта Мызойы. — Ныртæккæ! Бахатыр кæн, мæ машинæ уынджы ис, — æмæ, чызджы кæрты фæуадзгæйæ, цингæнгæ атахт æттæмæ. Р1æ иу дæларм асыкк, иннæйы чемодан, афтæмæй, Танямæ кæсгæйæ, цырд æрбацæйцыд Мызо. Таня йын æххуыс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Мызо нæ бауагъ- та. Уатмæ куы бацыд, уæд байгом кодта чемодан æм:^ дзы рæсугъд æфснайдæй зындысты уæливыхтæ, карчы фых, иу къуымы авджы дзаг наливкæ, туджы хуызæн сырх фæткъуытæ, иу цыхт, царвы æмæ мыды дурын. — Уыдон уын мæ мад рарвыста. Таня батыхсæгау кодта, цы акодтаид, уый пæ зыдга: — ■ Цæмæн окодтат уый бæрц хæрдзтæ. — Хардз иунæг суари дæр нæ. Уыдон пæхи хæдзарæй цæуьшц иууылдæр. Стæй дæуæн ахæм æфсымæр ис, æмæ куы хъæуид, уæд æз мæ рахис цонгыл дæр нæ бчцауæрдин. — Бузныг, фæлæ дзы æгæр не ’ппæлыс? — Уый аккаг дзырдтæ æз нæ, фæлæ фыссæг дæр не ссардзæн. Кæдæм асхуыста, дæ хорзæхæй. — йæхæдæг асыччы фæрстыл æрхæцыд йæ дыууæ «ъухæй, галиуæп йыл дæлæмæ хæцыд, рахисæй та, асыччы сæр цы дыу- уæ фæйнæджы хуыд уыдис, уыдонæй иуыл æрхæцыд. — Фæлæу, аркъау дын радавон, — загъта Таня, Мы- зо асыкк байгом кæнынмæ хъавы, уый ,куы бамбæрста, уæд. — Нæ хъæуы, — Мызо рахис къухæй цы фæйиæгыл хæцыд, уый стыдта. Асыкк уыд цæ тæккæ дзаг рæсугъд, рæгъæд дыргъ- тæй. Дыргъты сæр æмбæрзт уыд фæпнæджы фæлмæн уаццæгтæй. Мызо сæ иуварс акодта æмæ дыргъты æх- сызгоп тæф ауад Таняйы былтыл. — Уыдон та уын мæхицæй! — Ох, гъеныр кæм ис Уари, а<уыд уын раарфæ кæ- пон, уьий зонгæ дæр нæ кæнын. — Таня, арфæтæ нæ, фæлæ афтæ бакæн æмæ сæ ды та æфсиапгæ акæн, цæмæй ма хъыгдарой. •58
Таня чемоданы хæлц афснайдта, уаты рæбын цы рæсугъд буфет уыдис, уым æмæ йæм Мызо та лæмбы- иæг каст. Лæппуйы зæрдæмæ тыпг фæцыд Таня. Чыз- джы змæлд нæ уыд уæзбын, нæ уыд сæртæг, фæлæ уыд æвзыгъд, уæнгрог æмæ арæхстджын. Бирæ иудаинæд- тæ ссардта Таняйы рæсугъд цæсгомыл МыЗо, йæ æф- сымæр Уариимæ йæ куы абарста, уæд. Сæ дыууæйæн дæр уыдис мыдгъуыз цæхæрцæстытæ, рæсугъд зылд къæлæт æрфгуытæ. Таня-иу куы бахудт, уæд-иу йæ урс- цъар цæсгомыл ахъазыдысты туджы æртæхтæ æмæ йæ уыи кодта ноджы рæсугъддæр. Хуын бафснаигæйæ, Таня ацæттæ кодта фынг дæр æмæ стъолы фарсмæ куы æрбадтысты, раст сæм уыцы- афон Дард Хурокæсæнæй фæзынди Уари дæр. — Мызо! Таня! — фæхъæр кодта Уари. — Уари! — æмдзыхæй сдзырдтой уыдон æмæ æртæ- пæ дæр кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтой. Дьгккаг бон Таня æмæ Уари с&хи цæттæ кодтой фæндагмæ. Сæрды каникулты рæстæджы Уарийы фæн- дыд Дзауы санаторийы баулæфын æмæ йемæ кодта нæ хо Таняйы дæр. Сæумæрайсомы æнтъыснæг бонау, æрхæндæг уыд Мызойы зæрдæ дæр. — Уæд та райсоммæ ныллæууиккам? — ныгуылæны- рдыгæй арвы сатæг риуыл цы сау мигътæ фæзынд, уы- доныл йæ цæст ахаста Мызо. — Уырдæм дзæгъæлы кæ’сыс, скæсæны ’рдыгæй ирд- гæ кæнын бапдыдта, — Мызойæн къухæй скæсæны рдæм ацамыдта Уари. — Æмæ уæд хæхтæ та? Уыцы мигътæ, зæрæдтæ куыд дзурынц, афтæмæй къæвдайы пысан сты. — Ох, тæхуды! — йæ ныхас баппæрста Таня дæр, — хээхтыл алы хатт дæр фæбады мигътæ. Мызойы нæ фæндыд Уари æмæ Таня ахæм хъуын- тъыз бон гом машинæйы ацыдаиккой, уый. Уæд та сыл иокуы къæвда æрцыд, куы ныххуылыдз æмæ фæрын- чын уоп, зæгъгæ, уæд сæ рæстæг дæр дзæгъæлы фесæф- дзæн. Фæлæ сæхи фæнд атардтой Уари æмæ Таня. Рапсомæп чысыл цыдæртæ ацахуыстой. Джитърийы 59
лыггаг æмæ карчы-сгуы бахордта Мызо дæр, иунæг æртах дæр нозт нæ бакуымдта. Уари æмæ Мызо уæзла- сæн машинæйы сæвæрдтой сæ дзаумæттæ, фæндаджы хæлц. Таня сбадт кабинкæйы Мызойы фарсмæ, Уари та къæбæлдзыг сау уæйлаг нымæт йæ уæхсчытыл æр- баппæрста æмæ сбадт гуыффæйы. Машинæ тахт Дзæу- джыхъæуæй асфальт фæндагыл Арвьикомы ’рдæм. Арвыкомы гакъон-мжъон тæссаг фæндагыл иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд Мызо. Иæ ф’ондз æнгуылдзау ба- зыдта фæндаг æмæ йæм афтæ каст, дыма йын исчи йæ цæстытæ куы бабæттид, уæддæр ыл æнæ фыдбылызæй атæрид йæ машинæ. Арвыкомы нарæг фæндагыл машинæ уад размæ- Æвиппайды æрбаталынг бæстæ. Бахæццæ сты фæн- даджы тæккæ нарæгмæ. Нарæг фæндаджы дыууæ фарс арвмæ фæцыдысты æгомыг хæхтæ. Комы нарæг- мæ арвæй галдзармыйас цы чысыл гæбаз зынд, уый æрбахъулæттæ. Кæмдæр ныннæрыд арв æмæ йæ цæ- хæртæй фæрухс талынг ком. Мызо тагъд кодта нарæг комæй ахизыныл. Фæндаг уæлдай тæссагдæр вæййы ахæм ран. Арæх къæвдайы суадæттæ ракæнынц дуры цæндтæ æмæ фæндаг æрæхгæнынц. Нал вæййы маши- нггтл-м-1 апæуæн. Фæзынд тæрккъæвда. Мызо цæмæй тарсти, уымæй фыддæр рауад хъуыддаг. Иу нарæджы комкоммæ ду- ры лæсæн æрыййæфта машинæйы æмæ йæ уыцы иу цæ- фæп йæ разæй ахаста бынмæ, налат Терчы æрра улæн- тæ комы кæм абухтой, уырдæм. Тæхгæ-тæхын Мызо фегом кодта кабинкæйы дуар, Таняйы цонгыл фæхæцыд æмæ йæхи иуварс фехста. Дурмæ бахаста йæ риуы гуыдыр, ноджы ма йыл Таня дæр бахаудта æмæ тых- джын цæфæй бауадзыг. Чысыл рæстæджы фæстæ æрчъицыдта. Е^айгом код- та йæ цæстытæ. йæ сæр уыд Таняйы хъæбысы. Цикъæ- нау фæлурс уыд Таняпы цæсгом. йæ цæстысыгтæ, цæп- лузыртау, уадысты йæ рустыл. Мызо, исдуг цы ’рцыд, уымæн нищы-ма æм^бæрста, æппæт дæр æм касти фын- фенæгау. Таняйы цонг уыди’ йæ русыл æвæрд. Мызо тынг батæригъæд кодта зæды хуызæн чызгæн, не ’дибæрста чызджы цæстысыгтьг аххос. Р1æ цонг ын пæ €0
риумæ балхъивынмæ хъавыди, фæлæ йæхи цонджы змæлдæй ныддыз-дыз кодта йæ буары рис æмæ.та но- гæй бауадзыг. Дурты цæнд, гыбар-гыбургæнгæ, куыд æрцæйтахт, уый федта Уари æмæ пуртийы зыввытт фæкодта йæхи тæхгæ машинэейæ стыр къæдзæхы рæбынмæ. Йæ сæрæн къæдзæхыл ныппырхкæнынæй тæрсгæйæ, размæ бахаста йæ галиу цонг, ’къæдзæхы дæрзæг фарс адавта цонджы фæлмæн фыдтæ. Туджы фæдтæ æруадысты цонгыл. Цæстытæ атарытæ сты æмæ, зæгъгæ, къæдзæхы рæбын- мæ нæ бахаудта, уæд æй дурты лæсæн, чи зоны, кæм комы амидæг кодтаид. Къæдзæхы сæрты згъордта уа- рыны дон, йæ чъизи æртæхтæ калдысты Уарийыл дæр. Чысыл фæстæдæр ’банцад уарын. Ракаст хур йæ зынг цæстæй дунемæ, барухс кодта Арвьикомы хъæбыс дæр. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ æрцахстой Мызопы. Ахæстопы бадгæйæ, Мызо алæбон дæр йæхæдæг йæх-и- цæн тæрхон кодта, фарстытæ-иу радта йæхимæ æмæ сын-иу дзуапп дæр лæвæрдта. Фæлæ ахæм æнамонд хъуыддаджы тыххæй йæхи къæмы бæрц дæр азым нæ кодта. Афтæ йæм каст, цыма йын тæрхон куы кæноп, уæд æй ницæмæй фæаххосджын кæндзысты. Фæлæ афтæ нæ рауад хъуыддаг. Мызойæн тæрхонгонд æрцыд æртæ азы ахæстоны фæбадын, машинæ кæй аппæрста Арвыкомы фæндагæй, зæгъгæ, уый тыххæй. Мызойы хъуыддагыл æрзылдысты Уари æмæ Таня. Сæйраг тæрхондон ын йæ хъуыддагмæ куы ’ркаст, уæд æй сраст кодтой. Уæдæй фæстæмæ Арвыкомы фæнда- гыл нал бакуымдта кусьгн, кæд ын йæ хицау лæвæрдта ног машинæ, уæддæр. Куыста сæхъæуы шофырæй. Хæс- ты быдыры дæр шофыр уыдис. Ныр йæ зæрдæ тыиг æх- сайдта ацы хъуыддагмæ æмæ хъуыды кодта: Хæса,ч:е загъта секретарæн, тæрхонгонд ын уыдис, уый, æви на^, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ нæ ацыд абон партийы райкоммгэ кусынмæ, кадрты хицау Слоны фырт ын кæд бафæ- дзæхста, рансомæй-иу кусынмæ фæзын, зæгъгæ, уæт- дæр. Кæд ын иуæй æхсызгон уыдис секретармæ кусыч шофырæй, уæд иннæ ’рдыгæй та хъуыды ^кодта уыцы хъуыддагыл. Сфæнд кодта партийы райкомы секрета- 61
рæн йæ фатермæ банæуын æмæ йын хабæрттæ бæлвыр- дæй радзурын. Кусын цы райсом хъуамæ райдыдтачл, уькй изæр Мызо рацыд æмæ хъахъхъæдта, парт-^йы райкомы секретарь йæ хæдзармæ кæд фæзындзæн, уып. Изæрдалынгты, йæ дæлармы цалдæр ног чиныджы, афтæмæй æрдæицыдис секретарь. Мызо ахъуыды код- та йæ размæ бацæуон, æви нæ, зæгъгæ. — Нæ, фæллад у, стæй, чи зоны, æххормаг дæр, фтл- тау уал банхъæлмæ кæсдзынæн, — æмæ доны былы ’рдæм йæхи айста. Сахат æмæ æрдæджы фæстæ фæстæмæ фæзынд титъмæ. Секретары уаты рудзынгæй калд рухс. Мызо сабыргай бацыд æмæ дуар рог бахоста. — Мидæмæ, — райхъуыст хъæр. Фæлæ Мызо нæ ба- цыд мидæмæ. Уæдмæ йæ хъустыл ауад къæхты хъæр. Секретарь байгом -кодта уаты дуар æмæ электрон цы- рагъы рухс аныдзæвд Мызойы цæстытыл. Мызо бахызт мидæмæ æмæ йæ секретарь диваныл сбадын кодта.' Æрбадт йæ фарсмæ йæхæдæг дæр. Секретарæн уыд дыууæ уаты. Се ’хсæн нæ уыд дуар, фæлæ дуары бæсты хъулон хъуымащæй дыууæ фазæи æрцыдысты дуарæмбæрзæнтæ. Æмбæрзæнты зыхъхъы- рæй мидæггаг уатæй зындис къулыл гауыз, рæсугъд нывæфтыд тæбынтæй йыл Къостайы портрет арæзт. Аив æфснайдæй зындысты хуыосæнтæ, фæлæ нæ зын- дысты сынтæджы къæхтæ. Æттаг уаты стъолыл дæр, стæй скъаппы дæр уыдис алыгъуызон политикон æмæ аивадон литературæ. «Не скъолайы библиотекæйы дæр уый бæрц чин- гуытæ нæ уыд», — ахъуыды кодта йæхинымæр Мызо. Секретарæн йæхи къухы дæр уыди ног уагъд чиныг. — Хъусын дæм! Æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ? Мызо ■ нæ радта секретары фарстæн æвиппайд дзуа-пп. Иу чысыл хъусæй алæууыд. Сежретарь, Мызомæ бакæсгæйæ, бамбæрста, цæуылдæр кæй тыхсы, уый. — Бахатыр кæн, — æрæджиау сдзырдта Мызо æмæ йын йæ чысыл истори кæронмæ радзырдта. Секретарь, фынфенæгау, хъуыста Мызойы ныхасмæ. Æвиппаиды, йæ цæстытыл не ’ууæндгæнæ, цырагъы рухсмæ йæ цонгæй бадавта Мызойы æмæ йæм комком- 62
мæ ба^каст. Мызо та фæком.коммæ секретармæ æмæ фырцинæй йæ зæрдæ бауынгæг, æваст ма фæхъæр код- та: «Уари!!!» — Мызо! — фæкодта ма Уари дæр æмæ кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтой. Исдуг, æнæдзургæйæ, алæууыдыс- ты дыууæ дæр, стæй стъолы фæйнæфарс кæрæдзи ком- коммæ æрбадтысты кæддæры дыууæ хæлары æмæ кæ- рæдзимæ, мидбылхудгæ, æдзынæг кастысты. Мызойы дæлæвзаг рауай-бауай кодта Уарийы Таняйæ афæрсын, фæлæ, Таняйы ном мысгæйæ, йе ’взаг йæ комы куыддæр бандзыг æмæ, чындздзон чызгау, ныфсæрмы. — Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд, мæ зынаргъ Мызо. — Мæ хабæрттæ хæрз цыбыр сты. Уыдтæн хæсты, куыстои шофырæй. Фаэсхæст мæнæ дæн. Агурын мæхи- цæн зæххыл цæрынæн уæйлаг нымæтыйас куысты бы- нат, шофыры бынат, фæлæ нæ зыдтон æмæ уыцы бы- нат дæумæ ис. — Фæлæу-ма, фæлæу, уæдæ Слоны фырт дæуæй дзырдта, иу фронтовичы, дам, райстон, зæгъгæ? — Мæнæй. — Æмæ цæуылнæ фæзындтæ? — Æнхъæл уыдтæн, зæгъын, партийы райкомы ног секретарь нæ зоны, тæрхонгонд мын кæй уыдис, уый... Арвыкомы фæндаджы хабар ма хъуыды кæныс? Ды, æз æмæ Таня... — Таняйы ном куыддæр чъызгæйæ, сдзырдта Мызо. — Таня, — æрхæндæгæй райхъуы-ст Уарийы хъæлæс. Цыдæр стыр фыдбылыз кæй сæмбæлд Таняйыл, уый бамбæрста Мызо Уарийы зæрдæхал-æн хъæлæсы уа- гæй æмæ цавæрдæр тасæй йæ уæнгтæ барызтысты. Сур- хид фæзындис йæ ныхыл. Ахуыссыд, чысыл раздæр йæ цæстыты цы цины цæхæр ссыгъд, уыи. Æмæ, æнтъыс- нæг æнгас æвдисгæйæ, æнхъæлмæ каст Уаримæ. Фæлæ Уари и-сдуг ницыуал загъта. Йæ иунæг хо Таняйы маст ын æрбахгæдта йæ хурхы уадындзтæ æмæ йæ дзурын нæ уагъта. Æппынфæстаг фæуæлахиз пæ мастыл æмæ зынæй сдзырдта: — Нал ис мæ иун-æг хо Таня! Мызойы цыма арв æрцавта, уый стъæлфт фæкод- 63
та. Арæсььд йæ масты дзæкъул, атарытæ сты йæ цæс- тытæ æмæ исдуг цы акодтаид, уый йæхæдæг дæр нал æмбæрста. Дыууæ ставд цæссыджы æртылдысты йæ рустыл. Уари лæмбынæг радзырдта, хæст 1куы райдыдта, уæд хæсты хæдразмæ кæп фæзыид Ирыстонмæ йæ фæллад уадзынмæ æмæ хæсты дыккат бои Таняимæ кæн фæ- зындысты горæты æфсæддон комиссариатмæ, цæмæй сæ барвæндонæй арвитой хæстмæ. Таня ахуыр кодта мед- "институты фæстаг курсы æмæ йын йæ куырдиат уай- тагъддæр баххæст кодтой. Хæсты быдыры дохтыртæ æмæ медицинон хотæ зæрдиагæй хъæуынц, зæгъгæ. Фæ- лæ Уарипы ской дæр нæ бауагътой. Уый нæ, фæлæ ко- миссар хорз зыдта Уарийы æмæ йын цыма исты хорз- дзинад æрбахаста ие ’рбацыдæй, афтæ æхсызгон ын уыдис. Телефоны трубкæ систа, бадзырдта партипы об- кохмы фьщцаг секретарь Созырыхъомæ, аныхас кодтой, сæхи ’рдыганау, цыдæртæ, стæй мын комиссар загъта: æвæстиатæй цæугæ Созырыхъомæ, æнхъæлмæ дæм кæсы. — Афтæ фæхицæн стæм Таняимæ. Уып хæстмæ ацыд комиссаримæ фембæлды дыккаг бон, æз баззад- тæн ам. Таня Берлииы онг бахæццæ нæ хæцæг æфсади- мæ. Арæх мæм фыста писмотæ. Райста цалдæр хор- зæхы. Ссис капитан. Нымад бонтæ 1ма баззад нæ фæуæ- лахизмæ, афтæ йьгн знаджы нæмыг ахуыссын кодта йæ цардмæбæллæг зæрдæйы цæхæр. Цы дивизийы службæ кодта, уый командир æмæ мæм комиссар ныффыстоп писмо. — Уари чингуыты скъапп# байгом ^кодта æмæ дзы райста Хетæгкаты Къостайы чиныг. — Таняйы уарзон чиныг. Хæстмæ дæр æй йемæ ахаста! — чины- джы астæу ахызт топпы нæмыг, уыд тугæйдзæгтæ. Уа- ри чиныг байгом и<одта æмæ дзы бакаст ахæм рæнхъы- тæ: «Не рыдайте безумно над ней, она цели достигла своей!» — Цыма раджы рагацау йæ мæлæт зыдта æмæ нæ фæдзæхсгæ кодта ма мыл-иу кæут, зæгъгæ. — Уарийы хурхы уадындзтæ та уысмы бæрц ахгæдтой, стæй скъаппæй райста чысыл цыппæрдигъон рæсугъд къапп æмæ йæ ’байгом кодта. Сырх цыллæ фæлыст уыд къопп 64
мидæгæй. Къоппы хуылфы паддзахадон цалдæр хæрзи- уæджы æмæ пиомо. — Мæнæ уыдон та мæ иунæг хопы тохы фæндаджы æвдисæнтæ. Уари бадаргъ кодта Мызомæ, конверты хуылфæй цы писмо систа, уый. Уым та фыст ис, йæ хæстон æмбæлт- тæ æмæ йын разамонджытæ цы аргъ кодтой, уый. Пис- мойы фыст уыд: «Нæ уарзон тохы ’мбал Тапяйы зы- паргъ æфсымæр æмæ не ’нæзопгæ хæлар Уаримæ. Стыр хъыгзæрдæйæ дын хъусын кæнæм, -Еерлины, фашистты лæгæтмæ бырсгæйæ^. хъæбатырæй кæй фæ- мард нæ уарзон, цæсгомджын тохæмбал канитан Хес- танты Таня. Уый хæсты цыппар азы дæргъы йæхи рав- дыста æвæлмон, зындзинæдты стыр быхсындзинад кæ- мæ уыд, тæссаг уавæрты фидар ныфс æмæ дардмæуы- нæг зонд кæмæ уыд, ахæм . на^ысджьш адæймагæл. Таия йæ бæллицаг цард радта Райгуырæн бæстæ11Ы фæуæлахнзы сæраппонд. Таняйы хуызæн хъæбатыр чызджытæн ,пæй мæлæн. Уып йæ тохы ’мбæлтты зæр- дæты цæрдзæн кæронмæ. Уый рæсугъд цард æмæ тохы фæпдагыл нæ мæлтъæвзаг зарæггæнджытæ скæндзыс- ты сæ æнæамæлгæ кадджытæ æмæ йæ шом, уæлахизмæ- ■сидæг тырысаиау, цæрдзæн фæлтæрты зæрдæты!» Мызо писмойæ йæ цæстæнгас нал иста. йæ цæсты- тыл ауад ирон хъæбатыр чызг, йæ хорз зонгæ, цардæй йын зынаргъдæр ч,и уыди, уыцы Таняйы тохы фæпдаг. Уаримæ ’бакæсынмæ куыд хъавыдис, афтæ æвиппайды Уарийы хуьюсæны сæрмæ къулыл, гауызы уæллаг га- лиу къуыммæ ’ввахс ауыдта Таняйы къам стыр рамкæ- йы кондæй. Къамæй йæм, цæрдудыгасау, касти Таня. Къамы рам^кæйыл уæлейæ бынмæ æрзæбулысты сау цыллæ лентæтæ. Мызо бацыд къамы цурмæ æмæ йæм иудзæвгар æдзынæг фæкаст, стæй та фæкомкоммæ сау лентæтæм, æркаст, йæ къухы цы писмо уыд, уымæ дæр. Стæй сабыргай бавнæлдта сау лентæтæм æмæ сæ фæ- хицæн кодта рамкæйæ. — Мæ зынаргъ Уари, саутæ чи дардтаид, ахæм чызг нæ уыди Таня. Ахæм кадджын тохы фæндаг чи скодта йæ дыбыр царды, —■ къухæн хæрзиуджытæм 5* 65
ацамыдта Мызо, — уымæн амæлæн нæй. Æмæ ницæ- мæн хъæуынц ацы сау лентæтæ. Цыма канд Таняйы къам нæ, фæлæ уат дæр дзæв- гар фæрухсдæр ис, афтæ (фæкаст сæ дыууæмæ дæр. Дыууæ рагон хæлары — Уари æмæ Мызо сæрыстырæй кастысты Танямæ. Уари Мызойæн радзырдта, партийы обкомы фем- бæлды фæетæ йæ Фарнмæ кæй рарвьгстой партийы рай- кОхМы фыццаг секретарæй, сæ район оккупа’цийы куы бахауд, уæд та кæй уыдис партизанты стыр къорды комиосар. Радзурынмæ йын# хъавыдис, хæсты уæззау азты гитлеронты фæсчъылдыммæ цы хъæбатыр хъуыд- дæгтæ арæзтой, цæй тыххæй »йын радтой хæрзиуджытæ, стæй Сырх Æфсадимæ немыцы зæххыл дзæвгар кæй аслужбæ кодта хæсты фæстæ дæр, уыдæтты тыххæй, фæлæ йæм (куыддæр аив нæ фæкаст йæ хъуыды æмæ йæхиуыл фæхæцыд. Ф Æ Н Д О Н Райсомæй колхоз «Уæлахизы» разамынды, Арысхан- мæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, Мысост æмæ Хæсанæ куыд ны- хас кодтой, афтæ сын сæ ныхао фескъуыдта Кæрæфбе- джы загъды хъæр. — Ницы дын дзы рауайдзæн æмæ дæ сæрæн ииз ма кæн? — тай-тай кэдта Кæрæфбег. — Цымæ та кæй хъуыддагæй ницы рауайдзæн? — йæ мидбыл бахудт Мысост. Уæдмæ æрбайхъуыст Ахберды хъæлæс дæр. — Дæ хорзæхæй, тæвд ма кæн, Кæрæфбег, дæуæй уæлæмæ’ ма хъуыддагмæ чи ’ркæса, ахæмтæ дæр -дзы ис. — Р1емæ кусын куы нæ -бафæразои, уымæй тæссаг у,— загъта Хæсанæ, — фæлтау мæ дæ колхозмæ цæуын хъуыдис, Мысост. — Ныр дæр дын æрæджы нæу, Хæсанæ. Рацу нæм. — Ис, ’ис, фæлæ ай цавæр гæххæтт у, — гæххæтт йæ къухы тилгæйæ, Мысост æмæ Хæсанæ цы уаты бадтыс- ты, уырдæм, мæстæй цæхæртæ калгæ, бахызт Кæрæф- бег. Хæсанæ фестад æмæ Ахберды сбадын кодта.. Мы- 66
сост Кæрæфбеджы къухтæй аиста гæххæтт, бакасти йæ, <ста*и, цыма Кæрæфбеджы фарстæн дзуапп лæвæрдта, уыйау фæкодта: — Цавæр гæххæтт у, фæрсыс? Фыст .гæххæтт, куыр- диаг. — Куырдиат кæй у, уый мæхуыдтæг дæр уынын,- куырм нæ дæн, мыййаг, фæлæ цавæр куырдиат у, уымæ нæ кæсыс? х — Гъама, дæ хорзæхæй, Хæсанæ, ды дæр æм æркæс, кæд дзы исты политикон рæдьгд ис æмæ йæ æз не ’мба- рын, уæд æй афоныл сраст кæнын хъæуы. Мысосты æлхыскъ ныхас Кæрæфбег бамбæрста æмæ пæм фæхъыг: — Мысост, ахæм хъуыддагæй хынджылæг нæ фæ- кæнынц. — Раст зæгъыс, фæлæ ахæм хъуыддæгтæ загъдæй дæр нæ фæкæнынц, ды та уый нæ, цыфæнды , чысыл хъуыддаджы тыххæй дæр бæстæ дæ сæрыл сисыс! — йæ мады ’фсымæрæн бауайдзæф кодта Хæсанæ. — Уымæй хистæрæй, кæстæрæй се ’ппæтимæ дæр иу дзыхæй дзурыс. Хъауджыдæр дын сæ нæй, — йæ ныхас баппæрста< Мысост дæр. — Уый дæр раст уайдзæф у, — йæ ныхас дарддæр кодта Хæсанæ. — Нæ хъæуы Ахбердæй хистæр нæй æмæ уый ’цур дæр дæхиуыл хæцын нæ фæразыс. —Куыд мын хæцын кæнут мæхиуыл, <куыд? Зилгæ- доны тъæпæн цы у, уый, уæвгæ, æмбаргæ кæнут? — Омæ йæ кæд не '.мбарæм, уæд нын æй бамбарын кæн, æрмæст хъæртæй нæ, фæлæ сабырæй. Кæрæфбег ныхъхъус ис. Хæсанæ кæд загъта Кæ- рæфбегæн бамбарын нын æй 1кæ, зæгъгæ, уæддæр уыи- т^æ йæ ньгхас фескъуыдта æмæ, комшммæ Ахбердмæ ба- кæсгæйæ, загъта: — Хъусæм дæм, Ахберд. — Цы’быр дзырдæй, — райдыдта Ахберд, — мах, зæрæдты фæнды дæс гектары зæхх райсын æмæ баку- сын. Хицауады «уынаффæ зонут уæхæдæг. Хорз уынаф- фæ у. — Раст зæгъыс, — былысчъил ныхас баппæрста 67
Кæрæфбег, — хицауад кæддæриддæр хорз уынаффæтæ фæкæны. Мысост зулдзастæй бакаст Кæрæфбегмæ, уæвгæ,' Ахберд иыртæккæ йæ цуры нæ уыд, зæгъгæ, уæд ын алывыд акалдтаид, йæхиуыл хæцын кæй пæ фæрæзта, уый тыххæй. Фæлæ ныр йæхи баурæдта, ницы сдзырдта. — О, фæлæ йæ сæххæсг жæнын, Мысост æмæ Хæса- нæ, бирæ тыхтæ домы. — Иу чысыл фæхъус Ахберд, цьь ма йæ ныхæстыл ахъуыды кэдта, уыйау, стæй сын кæ- рон скодта: — Гъай-гъай, бирæ тыхтæ! Цыбыр дзырдæй, мах афтæ зæгъæм: ис нæм алыг’ъуызон зæххытæ, иуты дзы хорз зайы мæнæу, картоф, аннæты та—нартхор. Нæхъæ-; уы та хуыздæр зæххыл, мæнмæ гæсгæ, банымайæн ис уæртæ Зилгæдоиы тъæпæн. Колхюз ног фермæтæ кæнын кæм хъавы, уыцы зæхх. Хъуыды ма кæпут ссæдз азы размæ нæ хъæуы цæрæг Дзæрай æрзайын кодта уыцы зæххæй иу гæппæлыл, диссагæн чи баззад, ахæм нарт- хор. — Уый дæ’Арысхан куы фехъуоид, — йæ ныхас та баппæрста Кæрæфбег. Кæрæфбеджы пыхас ницæмæ æрдардта Ахберд. Хæ- саиæ æмæ Мысостæн та кæд тыиг хъыг уыдис, уæддæр æм ницы сдзырдтой. Ахберд кодта Зилгæдоны тъæпæ- пы кой дарддæр: — Цыбыр дзырдæп, иу гектарæй дзы систа 180 пу- ты. — О-гъо, — бадис кодта Хæсанæ, фыццаг хатт цы хабар хъусы, ууыл. — Афтæ, афтæ, фæлæ, цыбыр дзырдæй, ныр уьщы зæхх рохуаты баззад, цыма нæ нал хъæуы, уый хуызæн. — Цы фæнд дæм ис, Ахберд, æргомдæрæй ма йæ зæгъ? — цæхгæр бафарста Кæрæфбег. Уæвгæ Ахберд- мæ лæмбынæг чи хъуыста, уыдон хорз бамбæрстой, Ах- берды зæрдæйы цы фæндон сæвзæрд, уый. — Æгæр нæ ныддæвдæг, æгæр хурджын аз куы ахæсса, уæд дзы цы æрзайдзæн? Тыхджын хур æй ба- судздзæн æндæр. — Ахæм хурджып аз та нæм кæд вæийы, Мысост? \Лу бон хур, дæс боиы—къæвда æмæ асæст. Фæлæ <уы- мæ базил, уæд йæ нартхор æмбисондæн баззаид, — йæ 68
фæндон загъта Ахберд æмæ арф ныхъхъуыды кодта, йæ къухы уырзтæ, сгарæгау, йæ зачъетыл æруадзгæйæ. Кæд загъта ахæм хурджын аз та нæм кæд вæййы, за^гъ- гæ, уæддæр æм раст фæкаст Мысосты фиппаинаг æмæ ноджы арфдæр хъуыдыты аныгъуылд, зæххыты тæккæ хуыздæр кæн хуыдта, уыцы Зилгæдоны тъæпæны тых- хæй. Ахберды фæндоныл хъуыды кодтой Хæсанæ æмæ Мысост дæр. Мысостæн ца.вæрдæр æхсызгон цин бахъуызыд йæ зæрдæмæ. Исдуг ахъуыды кодта Ахберды фæндоныл, фæшæ ныртæккæ канд хъæубæсты зæронддæр лæджы фæндоныл нæ хъуыды кодта. Уый (каст Ахбердæн йæхи- мæ æмæ йæ тæрæзтыл барæгау кодта. Зæронд лæджы æп-гæсæй Мьгсост уыд сæрыстыр. — Цы у, цы, уымæй! Ног дуджы дзыхъхъынногæй фæстæмæ райгуырд æмæ слæппу. Ахæм адæймагæн æргъгæнæг аргъ нæ кæны. Уьш у тæккæ зынаргъдæр хæзна. Ахберды фæстæ .бакаст Ахберды æрвад Хæсанæ- »мæ æмæ уымæй уыди иоджы сæрыстырдæр. Цыма зæ- ронд тулдз бæлас а.калдæуыд æмæ йæ бындзæфхадыл ,ног фидар тала разад, афтæ йæм и<аст, Ахберды цур, фыртæн ын чи бæззыд, йæ уыцы хæстон æмбал Хæса- нæ. Уый фæстæ цæстытæ æвæндонæй аныдзæвдысты Кæрæфбегыл æмæ рæгъæд сæнæфсиры фæстæ туаг æх- сынцъы куы ахæрай, афтæ йын уыд уый фенд. Кæрæфбегæн дæр, Хæсанæйау, йæ галиу русыл уыд карды цæфы нысан. Нысæпттæ сæ дыууæйы цæсгæмт- тыл дæр зындысты æмхуызон. Мысостæн уый дæр уы- дис хъыг. Хæсанæйы цæфы хабар йæхæдæг хорз зоны. Йæхи цæстæй йæ’ федта хæсты быдыры. Кæрæфбег, цыма, Мысосты цæстыты разæй æрбата- ры, уыйау æм нал зындис. йæ хъуыдытæ йæ ахастой хæсты быдырмæ. Æфсæддон къордимæ фондз æрдхор- ды: Мысост, йæ фырт Сандыр, Ладемыр, Хæсанæ æмæ Цæргæс ,бырстой атакæйæ. «Хæсты тæккæ зындæрыл фæнымайынц атакæ, фæлæ уый раст нæу, — йæхи- мидæг быцæу кодта Мысост. — Атакæмæ ’ абырсыны агъоммæйы рæстæг у тæккæ зындæр уысм салдаты цар- ды. Уыцы рæстæджы адæймагæн йæ хъуыдытæ æнцой- лзшад нæ дæттынц, фæтыхсы йæхимидæг. Р1æ уæнгтæ 69
йæм фæкæсынц басты хуызæн. Афтæ нæу атакæйы. Уым адæймаджы хъæбатырдзинад фæтох кæны царды сæ- раппонд мæлæты ныхмæ». Знæгтæ уыдысты бирæ фыл- дæр. Фыодаг минут зын раиртасæн уыдис хæсты хъыс- мæт, фæлæ чысыл фæстæдæр уайтагъддæр рабæрæг. Не знæгтæ нæ тыхсын кæныя байдыдтой. Нæ алы сал- даты ныхмæ дæр лæууыд дыууæ, æртæ знаджы салда- ты. Атакæйы размæ кæд бафæдзæхстам кæрæдзийæн, цы кæнæм, уый кæрæдзийæ нæ фæхицæн кæнгæйæ, уæддæр зæрдæйы фæндæттæ æмæ хъуыддæгтæ, уæлдайдæр та атакæйы, алы хатт æмхуызон кæм вæййынц. Иугæр нæ æгæр-æгæр куы тыхсын кодта знаг, уæд Хæсанæ йæ- хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: —Гъе, ирон лæппутæ, уæдæ дзы кæд æнæ мæлгæ нал ис, уæд кадимæ! — æмæ уарийы æхст фæкодта йæхи- размæ. Знæгты æфсæддонты ’хсæн йæ джебогъы фып- дзæй айгæрста йæхицæн фæндаг. Æгæр размæ куы бырста, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Цæмæй йын тарстæн, уый йыл цыдис. Знæгтæ къордæй æртыхстыс- ты Хæсанæйы алыварс. Фæндыд мæ куы йын баххуыс кодтаин, мæ уд хъардтон размæ бырсыныл, фæлæ æгæр фидар уыдысты знæгтæ ,мæ развæндагыл. Цæргæс, Хæсанæ сæфы разæй, зæгъгæ, ма ныхъ- хъæр кодтон хъæлæсы дзаг. Тынг мæ фæидыд уыцы мн- нут мæхæдæг куы уыдаин Хæсанæйы тæссаг уавæры, уæвгæ кæд мæхи уавæр æдасдæр нæ уыдис, уæддæр. Уари цъиахтыл йæх’и’ куыд ньщцæвы, афтæ Цæргæс йæхи ныццавта, Мысосты развæндагыл чи тох кодта, уыцы знæгтыл. Джебогъæй-иу кæй хотых сриуыгъта, уымæн-иу -йæ топп фесхъиудта иуварс. Фыццаг хаттуæд мæхи цæстæй федтюн «хæсты бирæгъ» Цæргæсы. Би- рæгъ фосы куыд /фæцæгъды, афтæ цагъта знæгтьт сал- дæтты Цæргæс æмæ бабырста Хæсанæмæ. Хæсанæ фæ- ци’С къорд цæфы. Йæ бæрзæйыл æруад туджы фæд, йæ 1ых састи, фæлæ уæддæр тох кодта хъæбатырæй. Уы- цы сахат Цæргæсы куы ауыдта йæ фарсмæ, уæд ыл, цыма, хур æрбакаст, афтæ фæрухс йæ цæсгом. Хæсанæ- йы фæсонты фриц йæ хъама ныссадзынмæ куыд хъа- | выд, афтæ фрицы къухтæ уæлдæфы сагъдæй аззадыс- ты, йæ зæрдæйы ахызт Цæргæсы джебогъ. Уьгцы уæззау 70
хæсгы фæмардис Уырымты Фарийы иунæг фырт Ла- демыр. Мысост та ком.ком,мæ бакаст Кæрæфбеджы цæфмæ. О, уыцы цæфæн дæр йæхи истори уыди. Æрмæст хæсты быдыры Райгуырæн бæстæйы сæрашюнд тохы нæ, фæлæ кæддæр ’кæйдæр бæхтæ давгæйæ. — О, диссаг у, диссаг, адæймаджы цард, — ахъуы- ды кодта Мысост, ногæй Ахбердмæ бакæсгæйæ. Ахберд йæ фæндоныл лæууыд фидар æмæ загъта: — Уыцы зæхх бакус, куыд æмбæлы, афтæ, уæд нарт- хор тугыл аокъуыид. — Чи зоны, — сразы Хæсанæ. — Цы,быр дзырдæй, нæ уынаффæ афтæ у æмæ кæд гæнæн ис, уæд уæ курæм, цæмæй уыцы зæххæй спайда кæнæм. Дæс гектары нын дзы нæ бар бакæнут æмæ йа? бафæлварæм. — Таугæ та дзы цы бакæндзыстут, таугæ? — схъиуд ныхас та окодта Кæрæфбег. — Æмæ дзы куы ницы æрзайа, уæд та? — фæрсæгау акодта Хæсанæ. Уæвгæ йæ тынг зæрдиагæй фæндыд уыцы з^æхх бафæлварын. — - Ау, куыд дзы ницы æрзайдзæн? Лæджы куы фæн^ да, уæд хор дуры сæрыл дæр æрзаиын кæндзæп,.— йæ бынатæй сыстад Ахберд. — Иу гага’ дæр колхозмæ йæхи тауинагæй уæлдай назй, уымæ гæсгæ мæм афтæ кæсы, цыма æнæхъуаджы ныхас кæнут. Стæй нæм ^куы уаид, уæддæр Арысхан уы- цы зæхх кæнын никуы бауадздзæн. — Бауадзид æв’и! нæ нæ бауадзид, уый тыххæй аны- хас кæниккам, фæлæ тауинаг ахъуыдыйаг у, — Кæ- рæфбеджы ныхасæн, цыма, дзуапп лаавæрдта, уыйау загъта Мысост æм^ уый дæр сыстад. — Дæ хорзæхæй, Мысост, «Размæйы» колхозы сæр-> дар дæ æви «Уæлахизы». Цæмæн нын змæнтыс нæ адæ- мы? Адæм хæсты уæззау хъæдгæмттæ байгас кæнынæн куы ницы сæрфат арынц, уæд ды чердыгон пыхæстæ кæныс? Кæнæ кæд уыцы зæхх афтæ хæзна у, уæд æй дæ колхоз цæуылнæ фæлвары?! — тæвд тебæйыл уды- гас кæсаг куы авæрай æмæ уый куыд фæгæпп-фæгæпгг 71
кæны, уыйау фыр мæстæй йæхи нал урæдта Кæрæф- бег. Мысост ницы уал сдзырдта Кæрæфбегмæ. Дуар <ба- кодта, Ахбердæн фæндаг радта æмæ йæхæдæг дæр йæ фæдыл ахызт. Хæсанæйæн хорз фадат фæцис Кæрæфбегимæ хицæ- нæй аныхас кæнынæн æмæ куыддæр Ахберд æмæ Мы- состы ахизын <кодта, афтæ йæм бауырдыг. — Кæрæфбег, кæд нæ рæдийын, уæд ды топпыхосы фæздæгмæ никуы-ма ’басмыстай. Мысост та канд Фыды- бæстæйы хæсты нæ уыдис, фæлæ Октябры революцийы цæхæры дæр. Æмæ ахæм лæгæн хæсты хъæдгæмттæ амо- нын худинаг у. Дæлейæ йын уæлæмæ уынаффæ кааныс Æви афтæ æнхъæл дæ æмæ хæсты фæстæ аз цы ахсджи- агдæр аразын хъæуы, уый дæуы йедтæмæ ничи æмбары, инпæтæ иууылдæр гобитæ сты. Иунæг Кæрæфбег ма баз- зад-цæстджынæй. Адæм куырм не сты. Адæм хорз уынынц, чи йыи цы кæны, уый, хэрзæй дæр æмæ æвзæ- рæй дæр. «Æвзæрæй дæр», зæгъгæ, уыцы дзырд дзургæйæ, Хæ- санæ йæ хъæлæс фæбæрзоиддæр -кодта, куыддæр æй ивазæгау акодта. Кæрæфбег йæхи кæд æнæмбарæг акодта, уæддæр, уьщы дзырд «ом’коммæ уымæ кæй хаудта, ууыл нæ гуырысхо кодта. Кæрæфбег хæсты размæ кæд цы фæн- ды гуыбындзæл, зыд æмæ кæрæф уыдис (цыппар—фондз мæйдзыд уæрыкк иу хæрдæн кодта), уæддæр йæ къахы ныхы алгъæй дæр никуы схъæрзыдта. Фæлæ дзы хæсты рæстæджы цавæрдæр «низ» фæмидæг æмæ йæ зæнг рæ- сийын байдыдта. Æнæ лæдзæджы ’нцойæ цæуын нал фæрæзта. Бон изæрмæ базары джиудта æмæ йæ хъыс- мæтæй хъаст кодта. Бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, хæс- ты рæстæг Кæрæфбег Райгуырæн бæстæйы кад æмæ на- мы.сы разæй равзæрста йæхи ницæйаг тæппуд æмæ мæн- гард цард. Барæй, дам, цавта йæ заанджы ф-æтæгенæй судзинтæ, цæм’æй, дам, рæсиа. Фæцис хæст æмæ Кæрæф- беджы зæнджы рæсыд æрбадт, нал хæссы лæдзæг дæр. Хæсанæмæ афтæ фæкаст, цыма, йæ Кæрæфбег фыдæ- цæн мæстæй мары æмæ йæ карз ныхасæй уæвгæ бафхæ- рынмæ рахъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. 72
— Уыцы зæхх цæргæ-цæрæнбонты доны хъæстæ нæ уыд, къæйы хуызæн хъæбæр у... , — Ахберд æй дæуæй хуыздæр зоны, Кæрæфбег. Ни- куы фехъуыстай, зæрондæн, дам, йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. — Ницæмæн дзы хъæуы æмбисæндтæ хæссын. Уый зæхх нæу. — Раст нæ дæ, Кæрæфбег. — Ахберды фæндоныл фн- дарæй лæууыд Хæсанæ. — Алы ног хъуыддагмæ ныхмæ фæлæууыс. Иуыл ды не ’ууæндыс, иннæуыл ды ’не ’ууæндыс. Афтæ нæ вæййы, афтæ. — Бæгуыдæр, не ’ууæндын, уый тыххæй æмæ йæ ра- гацау зонын, дзæгъæлы >куыст уыдзæн. — Размæ тырнын хъæуы, размæ, Кæрæфбег. Цард цы у, уымæй иууылдæр размæ тындзы. Алы ног х^уыды- ты равзæрд та ног уæлахйздзинæдтæ хæссы. — Мæн æппындæр ницы хъуыддаг’ис, искæйы -сæры цы хъуыдытæ æвзæры, уыдонимæ. Колхозæн ис уæлдæр хицауадæй фидаргонд лълан æмæ уыцы пъланæй мисха- лы бæрц дæр иуварс ахизæн нæй, а’фтæ зæгъы колхозы сæрдар Арысхан, афтæ зæгъын æз дæр. Мæ кармæ куы ахæццæ уай, уæд та мæ уырны æмæ искæй сæры цы хъуыдытæ æвзæры, уыдоныл кæй нæ сагъæс кæпдзынæ, фæлæ дæхи хъуыдытыл. Æрмæст дæхи сæрыл, мæ зонд- джын хæрæфырт, — Кæсын дæм, кæсын æмæ дыл дис кæпын, цы фыд- зæронд бадæ; Æрмæст асæй нæ, фæлæ зæрдæйæ. Ахæм зæрдæимæ цæрæн нæй. — Ницы дæ хъуыддаг ис, Хæсанæ, иокæй зæрдæи- мæ, — йæ цæстытæй цæхæртæ ,калдта Кæрæфбег. — Курдиатджын адæмы уынын хъæуы, уыдон сты раззагондæр фæндагыл лæуд, раст зондахаст кæмæ ис, ахæм адæмтæ. Уыдон мах кæнынц царды стыр сгуыхт- дзинæдтæм. Ды сæ рæзты цыдтæ æмæ цæуыс. Кастæ сæм, фæлæ сæ нæ уыдтай, уымæн ма ныббарæн и>с, фæ- лæ сын сæ фæндтæ баххæст кæнынмæ цæлхдуртæ кæй æвæрыс, уый та дын ничи ныббардзæн! Кæрæфбегмæ хардзау æркастысты Хæсанæйы ны- хæстæ æмæ кæд чысыл раздæр иарджын кæй у, уый кой кодта, уæд дзы ныр æрбайрох, сывæллонау, æрбамæсты æмæ Хæсаиæйы бынтондæр хъæры >бын фæкодта: 73
— Æз та дын афтæ зæгъын æмæ дæхицæй зондамо- нæг ма кæн, стæй дæ кас -кæм нæ уа, уым дæ уидыг ма тъысс! Ам дæ .мæнæн зондамонæг нæ нывæрдтой! Хæсанæ сыстад æмæ Кæрæфбегмæ бакаст. Æмæ кæд уый маст цæджджинагау æхсысти, уæддæр æй Хæсанæ мурмæ дæр нæ дардта. — Гъе, уæдæ мæ хъуыддаг кæм ис, уый ’мæхæдæп хорз зонын æмæ мæ фæндагыл куыд нæ лæууай, афтæ, Кæрæфбег, науæд дын æй, иннæтау, æз нæ ныббардзы- нæн! Мæ мады ’фсымæр дæ, уымæ дæр дын нæ фæкæс- дзынæн. Хæсанæ дуар йæ фæстæ рахгæдта, Кæрæфбег та фыр- мæстæй цæф арсы унæргъд ныикодта æмæ стъолы фарс- мæ æрхауæгау кодта. БРИГАДЫ ДЗЫРД Райоомы хуры тæвдæй зæххы сæрмæ уымæл зынд тамакойы фæздæгау. — Æвæджиау хорз уалдзæг скæндзæн, — дзырдтой бирæтæ. — Хурджын аз ма ахæсса, — дзырдтой иннæтæ, хур- скæсæнмæ сæ къухæй аууон ацаразгæйæ.^ Уæвгæ рагуалдзæджы зын базонæн уыд, азыгъæд куыд ахæсдзæн, уый. Хæсанæ æхсæзæм ’бригады бригадирæй æвæрд æр- цыд, зæгъгæ, куы фехъуыстой бригады уæнгтæ, уæд сын тьшг æхсызгон уыдис. Хъæубæсты йæ рагæи-æрæгмæ дæр зыдтой фæсивæды ахъаззагдæртæй. Адæммæ-иу афтæ каст, цыма Хæсанæ хъæубæсты фæсивæды æхсæн куы уа, уæд уыцы фæоивæдмæ фау ничи æрхæсдзæн. Бирæ йæ уарзтой фæсивæд сæхæдæг дæр. Æнæ Хæсанæ ни-> куыдæм цыдысты. Хæсанæ, хæдзардзин æфоинау, зылд æмæ бæрæг код- та бригадæты хæдзарад: кусæг фос, тауинаг, кусæнгæрз- тæ. Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас кодта бригадиртимæ, зве- новодтимæ, гутондартимæ. — Цы амал ис раджы рагацау бацæттæ кæнынмæ, Ууыл ма бацауæрдут,—фæдзæхста йæхи бригады адæ- 74
мæн дæр,—куысты рæстæджы нæ уымæ нал æвдæлдзæн. Знон горæты уыдис йæ хæдзары хъуыддæгты тых- хæй æмæ йемæ æрхаста бирæ ног хабæрттæ. Газеты мыхуыргонд уыд ССР Цæдисы Сæйраг Советы Прези- диумы Указ мæнæуы, хлепайы, нартхоры, сæкæры цæ- хæрайы æмæ бæмбæджы тыллæг ра-йсыны тыххæй, кол- хозтæн, МТС-тæн æмæ совхозты кусджытæн Социалис- тон фæллойады Геройы ном æмæ ССР Цæдисы орден- тæ æмæ майдантæ дæттыны тьгххæй. Хæсанæ Указы кой куы фехъуыста, уæд уый дæр слæууыд адæмы рæнхъы горæты проопекты тæккæ ас- тæу, газеттæ цы чысыл будкæйы фæуæй кæнынц, уыр- дæм. йæ рад куы ’рхæццæ, уæд газетуæйгæнæгæй æр- домдта, цæмæй йын, Указ мыхуыргонд цы газеты ис, ахæмтæ радта иу æхоæз. — Иу номерæй иу газет йедтæмæ дæттæн нæй! — сбустæ йыл кодта уæйгæнæг. Уæдмæ та йæ фæстæ чи лæууыд рады, уыдон дæр базмæлыдысты, чидæр ма йьин уайдзæфтæ дæр бакодта: — Дæ фæстæ дæр ма адæм лæууы æмæ сæ ’фсæр- мы хъæуы. Хæсанæ æнæ уæлдай ныхасæй райста, сылгоймаг æм цы газет ралæвæрдта, уый æмæ иуварс ацыд. Хъавыд ногæй рады слæууын, фæлæ газеттæ уайтагъддæр фес- ты уаайгонд. Æрхаста иунæг газет сæхимæ. Æхсæвы йæ бакаст, ахъуыды йыл кодта æмæ ныр сæумæрайсом уы- цы газетимæ фæзынд йæ бригадмæ. Хæсанæйыл куыд æмбырдтæ кодтой йæ адæм, афтæ саэм бацыд Кæрæ-ф- бег дæр. — Мæнæ газеты диссаджы Указ æ^мæ йæ куы бакæ- сиккам. Бригады адæм æрбамбырд сты Хæсанæйы алыварс. Уыдон фæдис сты, зæгъгæ, Хæсанæ цавæр Указы кой кæны. Фыццаг рæнхъытæ акæсгæйæ, бирæты цæсгæмт- тæ барухс сты. Хæсанæ каст æнæкъуылымлыйæ, хъæ- рæй: «Хъæууонхæдзарад ногæй йæ быеаты сывæрыны æмæ сырæзын кæныны хъуыддаджы тыллæг сбæрзонд- дæр кæныны ахсджиагдæр хæс кæй у, уый хынцгæйæ, æмæ мæнæуы, хлепайы, нартхоры, сæкæры цæхæрайы 75*
•æмæ бæм^бæджы бæрзонд тыллæг райсынмæ колхозты, МТС-ты æмæ совхозты кусджыты разæнгард кæныны тыххæй ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум уы- паффæ кæны...» Колхозон адæм зæрдиагæй хъуыстой Хæсанæмæ. Адæмы цæсгæмттыл хъазыдис стыр циндзинад. Уыдон фидарæй уырныдта хæсты фæстæ^ цыбыр рæстæгмæ кæй абаддзæн ногæй йæ джиппы нæ хæйд хæдзарад. Коммунистон парти æмæ Советоп хицауад, цæмæй та нæ адæм цæрай хъæздыг æмæ зæрдæрухсæй, кæй бакод- та ахæм уьшаффæ. Хæсанæ фæцис’ Указ ка’ст. Адæм, стыр циндзинады бæрæгбопау, сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд, — Парти æмæ Советоп хицауады ацы уынаффæйæн колхозтæ, МТС-тæ, совхозтæ, суанг хицæн колхозонтæ дзуапп кæй дæтдзыеты бæрзонд хорæрзадæй, ууыл дзырд дæр нæй. Уымæ гæсгæ мæн фæнды, цæмæй ис- кæйы дзуаппмæ ма ’нхъæлмæ кæсæм, фæлæ нæхæдæг нæ тыхтæ абарæм æмæ радтæм нæ дзуапп. Уый тых- хæй та пæхимидæг ауынаффæ кæнæм, — бамбарын кодта ,йæ хъуыдытæ Хæсанæ. — Уыцы уынаффæ Ирыстоны зæххы тыххæй нæу, — фæцырд Кæрæфбег, — уый хуызæн бæрзонд тыллæг кæм æрзайа, ахæм зæххытæ махмæ нæй. — Раст пæ дæ, Кæрæфбег, — йæ ныхас ыи фес- къуыдта Ахберд. — Ирыстоны зæххыл алы ран дæр æр- зайдзæм ахæм тыллæг, хорз æм куы базилай, уæд. — Омæ ма уæдæ цæмæ кæсые, — Ахбердæн фæстæ- мæ тызмæг дзуапп радта Кæрæфбег. — Райс ды дæр иу гектар æмæ дзы .æрзайын кæн 50 иентнеры нæ, фæ- лæ 30 æмæ дыи мæ сæр лыгмæ дæттын. •- Кæрæфбег! Бауадз адæмы ныхас кæнын, — йгхи ^ромгæйæ, сдзырдта Хæсанæ. — Ахберд, зæгъ-ма дæ нйхас, — сдзырдтоп иукъорд хъæлæсы адæмы ’хсæнæй. Ахберд размæ рахызт. — Мах стæм авд зæронды. Нæ бауьшаффæмæ гæсг;е мах ады аз звено сарæзтам. [— Иупæг сымах уынаффæ æгъгъæд нæу, Ахберд, —* 76
йæ ныхас та баппæрста Кæрæфбег, — колхозы раза- мынды афæрсын хъæуы. — Уый дæр бафæредзыстæм, Кæрæф’бег. — Уый бæрц нæхæдæг дæр зонæм, —- стæй рахызт йæ иыхасмæ: •— Ахæм тугкалæн хæсты фæстæ, стыр уæлахизы фæстæ, хуыцауæн кувæгау, зонгуытыл лæугæйæ, кувын æмбæлы, йæ цард чи хаста нывондæн нæ сæрибардзннадыл, ныр та нæ разæй кæй уынæм куысты, уыцы уæлахизхæсджы- тæн. Уыдоп уæд тох кодтой нæ сæрибардзинады сæ- раппонд, цæмæй нæ мадæлты сæ урс дадалитæй ма фæ- ралас-балас кодтаид знаг, цæмæй ма (Ьæхъазыдаид нæ урс зачъетæй, цæмæй сыгъдæг уыдаид нæ чызджы- ты æмæ нæ чындзыты цæогом, ’цæмæй худипаджы зарæг конд ма æрцыдаид фæсивæдæн йæхиуыл дæр. Æмæ сæ размæ цы хæс уыдис, уый баххæст код- топ кадимæ. Абон та дзы бирæтæп сæ хъæдгæмт- тæ дæр нæма байгас сты, æшæ лæдзæг цæуын æдæрс- гæ-нæма фæразынц, фæлæ сæ уæддæр уынæм нæ р.азæй. Тох кæнынц, цæмæй та бæркад, бæрæчет уа нæ хæдзæртты, цæмæй та нæ хъæздыг фынгæй цыт- æмæ æгъдау дæттын фæразæм нæ уазæгаэн. Æз уы- цы хъуыддаг дæр нымайын стыр тохыл. Уыцы хъуыд- даг дæр домы бирæ хъару. Уымæ гæсгæ зæрæдты звено бауынаффæ кодта уæлæмхасæи зæхх 10 гектары бакæнын. Уадз æмæ мисхалы бæрц уæд не ’ххуыс, фæ- лæ уæддæр æххуыс у. Чысылыл та хи атигъ кæнын пæ хъæуы. Денджыз дæр чысыл дæттæй æвзæры. Ахберд Кæрæфбаджы афтæ кæй фелхыскъ кодта, уый æхсызгон уыдис колхозонтæн, стыр æхсызгон уы- дис Хæсанæйæи йæхицæи дæр. — Мах, авд зæронды, — йæ ныхас кодта дарддæр Ахберд, — дзырд дæттæм алы гектарæй дæр кæй сис- дзыстæм æртиссæдз центнеры згъæлд шартхор. Ахберды ныхæстæ фесты адæмы тыхджып къухæм- дзæгъды бын. — Цальшмæ цæрай, уæдмæ? — йæ ныхас та бап- пæрста Кæрæфбег. — Иу^нæг азмæ, иунæг, Кæрæфбег! — дзуапп радта ныхасы адæмæй чидæр. — Рæсугъд сты уæ фæндтæ, фæлæ ихыл фыссæгау. . 1Т
Хæсанæйы бригады хабар базыдта Хестанты Уари æмæ бафæдзæхста районы газеты редакторæн, цæмæй æвæстиатæй газеты мыхуыргонд æрцæуа колхоз «Уæ- лахизы» Сырхауты Хæсанæйы бригады сидт районы колхозты бригадиртæм, звеноводтæм æмæ колхозонтæм. Районы иннæ колхозты æмбырдты арæх кодтой Хæ- санæйы бригады кой, фæлæ æппæтæй арæхдæр ацы бригады тыххæй ныхас цыд колхоз «Размæ»-йы. Ацы .колхозы номдзыддæр бригадыл нььмад уыд Азауы бригад. Уый ивгъуыд аз бæрзонд хорæрзадыл социалистон’ ерысы куысты районы бацахста фыидаг бынат. Азауы бригады адæм куы æрæм/бырд сты Ука- зыл æрныхас кæныны тыххæй, уæд сæ чидæр худæн- былæй загъта: — Æхсæзæм бригады сидтыл нæ ныхас кæндзыс- тæм? — Æндæр цæуыл ныхас кæнæм, уый нæм кæд нæй, уæд æппын ницæйы бæсты уый дæр бæззы, — загъта Темыр. — Раст нæ дæ, Темыр, — йæ ныхас ын фæурæдга Азау, — «Уæлахизы» колхозы æхсæзæм бригад æппæты разæй æрныхас. кодта партийы уынаффæйыл æмæ йæ ныфс куыд хæссы, ахæм дзырд радта хицауадæн. Хес- танты Уари сæрмагондæй бафæдзæхста, цæмæй уьщы сидтыл ныхасгонд æрцæуа æппæт колхозты æмбырдты. Мах хæс дæр у уыцы хъуыддагыл æрныхас кæнын. — Ома нæ хæс у, фæлæ колхоз «Уæлахизы» 6-æм бригадæй фæстæзаддæр бригад куы нæ ис, уæд ныр цæмæй фæхъал?! — загъта та ногæй Темыр. — Уымæй æмæ йын ацы аз бригадирæй æвæрд æр- цыд, кæддæр «Уæлахизы» колхозы раззагдæр брига- дæн бригадир чи уыд, уыцы Сырхауты Хæсанæ. Нæ ты- рыса нын нæ къухæй куы стона æмæ фьщцаг бынат’' куы бацахса, уымæй тæссаг у. Рох уæ ма уæд, æмбæлт- тæ, фарон мах цы хор æрзайын кодтам нæзæххыл, уы- мæй бирæ фылдæр æрзайын кæныныл’ а,цы аз дзырд кæй радта Хæсанæйы бригад. ? — Гæххæттыл фыстæй, фæлæ гæххæтт хор на&ма у, Азау, — Темыры фарс фæлæугæйæ, йæ ныхас баппæрс- тй Дзыбыртт дæр. 78.
— Мах ахъуыды кæнын хъæуы Указыл. Абарæм нр фароны куыст, нæ апы азы тыхтæ æмæ уьгмæ гæсгæ нæхимæ райсæм хæстæ, — Дзыбыртты ныхас ницæмæ ’рдаргæйæ, йæ фæндон загъта Азау. Бирæ цыргъ ныхæстæ ма баппæрста Хæсанæйы бри^ гады тыххæй куыд Темыр, афтæ Дзыбыртт дæр, фæлæ æппынфæстаг райдыдта æмбырд æмæ бригады адæм сæхимæ райстой бæрзанд хорæрзадыл тохы ахсджпаг хæстæ. Райопы газеты иннæ номерты фæзындис æхсызгон арфæдзинæдтæ парти æмæ хицауады аудындзинады фæдыл. Дзуапп лæвæрдтой Сырхауты Хæсанæйы бри- гады сидтæн дæр. КÆРÆФБЕГ Колхозы завхоз Кæрæфбег æлхьшцъæрфыгæй сæхи- мæ бадти рудзынджы <цур. Аныгъуылд арф хъуыдыты. Афтæ йæм каст, цыма, демабилизацигонд æфсæддонтæ куы ’рцыдысты, уæдæй фæстæмæ щыдæр ивыидзинæд- тæ дæуы колхозон царды. Уыцы ивындзинæдтæ уæлдай тынгдæр фæзындысты Кæрæфбегæн йæ алы къахдзæ- фыл дæр. Ныранг-иу схъæртæ, сбустæ кодтаид адæйма- гыл, фæлæ йæ хъыгдарæг нæ уыд. Ныр ын уыцы хъуыддаг йæ цæстмæ бадарынц. Хицауы хъыгдарын æмæ уымæн уайдзæф кæнын Кæрæф|бегмæ раст нæ каст. Уый хицауы хуыздæр ми- ниуджытыл нымадта дæхищæй дæлдæртыл командæ кæнын, куы ’бахъæуа, уæд та сыл хъæртæ дæр скæнын. Уарзта хидауæн, табугæнæгау, лæхстæ кæнын дæр. Хестантьг Уари Кæрæф’бегимæ куы фембæлд, уæд ькн уайтагъддæр бамбæрста йæ зондахаст. Бауайдзæф ын кодта, адæмимæ дзурын кæй нæ арæхсы, уый тыххæй. Кæрæфбег нæ ахъуыды кодта Уарийы ныхæс- тыл, уымæн æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма уæлдæр хи- цауы а(лы уайдзæф дæр, чи '.мбæлы, ахæм у. Раст куы нæ уа, уæддæр дæлдæр хицауæн не ’мбæлы йæхи зонд- ахаст æргом кæнын, йæхимæ хистæры фыдæх * исын, 79
зæгъгæ. Ома дæлдæр хицауæн хъуамæ кæддæриддæр* йæ уæны мигъ бада уæлдæрæй, æмæ разы уа, йæ хъыс- мæт кæй 1къухы ис, уый алы фæндоныл дæр. Уæлдæр хицауæй чифæнды дæр ныхас кæнæд йемæ, раст уа, æви зылын, уæлдай йын нæу, цыма йæ дзыхы дон вæй- йы, уыйау, ,йе стыр сæр чысыл æркъулкæнгæйæ, йæ хъоппæг, зынæфсис цæстытæ зæхмæ ныццæвгæйæ, цавддурау, фæлæууы хицауы раз æмæ йын лæм^бынæг фæхъусы йæ алы уайдзæфмæ дæр; нæ йын вæййы хъыг, фæлæ йæ зæрдæмæ, стæгнизау, арф бахызт æндæр маст. А-фæстаг рæстæджы йын ахæм уайдзæф канд уæлдæр хицæуттæ пæ кæнынц, ф’æлæ бригадиртæ, звенозодтæ, стæй суанг хуымæтæджы колхозонтæ дæр. — Уæд уый та куыд? Ау, хицау ’ма дæн - æви нæ? Æмæ кæд дæн, уæд цæмæй бæрæг у мæ хицаудзи- над? — хъуыды кодта йæхинымæр Кæрæфбег. Мæхи- уыл мын кæй хъæртæ кæнынц, кæм мæм нал хъусынц, сæхи фæндон кæй тæрынц, уымæй? Нæ, уый хъуыддаг нæу, — йе ’рфгуытæ фæтар кæнгæйæ, йæ сæр нæразы- пы’тылд бакæнгæйæ, цæф арсы уынæргъд бакодта йæ- химидæг æмæ бартхъирæн кодта, — æз сын фенын кæн- дзынæн, хицауы уæз цæй мидæг ис, уый. Кæрæфбег пæ зæрдæ дардта йæ хæстæг Арысха- ныл. Боны йæ агуырдта, фæлæ йыл нæ фембæлд. Фыр- мæстæй ма йæм’ сæхимæ дæр фæцыд, фæлæ йын загъ- той районмæ ацыдис, зæгъгæ. Изæрмилтæ нæма ра1к,од- та, афтæ, Кæрæфбег æрбацыд мæстæлгъæдæй сæхимæ, сбадти рудзынджы раз æмæ йæ хъус дардта уынджы ’рдæм. Æнхъæлмæ каст Арысханы фæзындмæ. Арыс- хан сæхимæ арæх фæцæуы ащы уынгты, уæлдайдæр та, горæты, кæнæ рапоны куы вæййы, уæд. Æнæ æрбауан- гæ никуы фæвæййы Кæрæф^бегмæ, лæмбынæгæй йын æрдзуры, рапоны цæй тыххæй уыди, цы йын бантыст, æмæ нæ бантыст, уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр. Кæрæфбеджы бинойнаг Нинæ архайдта уæларынг. ч Йæ лæджы ’рдæм иукъорд хатты ракаст, ба;мбæрста, йæ фырмæстæй та, цæджджинагау, кæй æхсиды, уый. Йæ галы цæстытæ та туджы кæй зылдысты. Фæлæ цæй аххосæй, чи та йæ бафхæрдта, уьгй базрнын кæд фæн- |дыди Нинæйы, уæддæр æй аф^ерсьщ йæ ныфс нæ_бат- хаста. 80
Нырыопг-иу Кæрæфбег куы ’рбацыд !куыстæй сæ- химæ, уæд-иу хъазæн ныхæстыл схæцыд йæ æртæ чыз- гимæ: Меретхан, Мерет æмæ Мериимæ. Фарста-иу сæ куы адынджыртæ уат, зæгъгæ, уæд мын цытæ уыдзыс- тут? Бирæ æхца куы исат, уæд дзы мæнæн цас дæт- дзыстут?» Чызджытæ-иу сæ фыды зæрдæ балхæньшы тыххæй дзырдтой куыдфæраздæронæй. Иу ахæмы та хистæр чызг загъта: «Æз уыдзынæн хæххон инженер æмæ кусдзынæн бирæ æхца, стæй уæртæ не ссады гон сыгъзæринæй байдзаг кæндзынæн». — Æгъгъæд нæу, Æтта? — афарста Меретхан йæ фыды. «Æтта» — афтæ хуыдтоп чызджытæ Кæрæф- беджы. — Æ, мæ хур акаанай, Æттайы чызг, сыгъдæг зонды къуыбылой дæ, зонды. — Æмæ уæвгæ хистæр чызг уæлдай сабырдæр æмæ æмбаргæдæр каст Кæрæф- бегмæ. йæ фыды къубалыл æртыхсгæпæ, астæуккаг чызг, лæхстæгæнæгау, дзырдта æмæ уырнын -кодта Кæрæф- беджы, уымæй |фылдæр хæзнатæ йын кæй ничи самал кæндзæн, нæ дæр Меретхан æмæ нæ дæр Мери, зæгъгæ. Кæстæр чызг Мери бæлвырдæй хъуыста йæ хоты ныхасмæ æмæ-иу йæ чысыл цæстытæй куы хотæм ба- каст, куы та — йæ фыдмæ. Кæрæфбег Меретимæ куы ныхас кодта, уæд-иу хатт йæ цæст фæныкъуылдта Ме- римæ, йæ сæр дæр ма йæм батылдта. Уый æхсызгон уыдис чысыл Мерийæн, кæд фыд цæмæн афтæ ба.кодта, уы,й нæ бамбæрста, уæддæр. Æппынфæстаг æрцыд Ме- рийы рад. йæ чысыл, .нарст, сырх уадултыл хъазыд амонды цин. — Æтта, Æтта, æз та уыдзынæп дохтыл, — «р» дзурын нæма арæхст,—æмæ нæ хæдзал алыхуызон хо- сæй байдзаг кæндзынæн. Далдзынæн дын æдзухдæл хостæ æмæ никуы фæлынчын уыдзынæ. — Ацу, æдылы, цы кæнын дæ хостæй, æз рынчын нæ дæн, хостæ дæлæ дæ мадæн радт, æмæ дæхæдæг дæр абонæй фæстæмæ уый чызг у, — загъта «æстæр чыз- гæн Кæрæфбег. Мери, йæ дæллаг. был æруадзгæйæ, йæ рæсугъд чысыл цæстытæ доны малы разылдта, скæ- уынæввонгæй бакаст фывдагиæ фыды ’рдæм, стæй та 6* 81
йæ мады ’рдæм. Мад æм бахудт мидбылты. Уыцы хъуыддаг фæкъæртт кодта Мерийы масты дзæкъулы тыппыр æмæ окуыдта. Кæрæфбег Мерийы йæ хъæбыс- мæ æрбакодта æмæ йæ йе ’нгуылдзтæй хъыдзы кæнын райдыдта. Мери исдуг не ’нцади йæ кæуынæй, стæй са- быргай худын куы райдыдта, уæд ын Кæрæфбег бам- барып кодта: — Æдылы, мæхи низтæ мын æгъгъæд сты. — Не сты, нæ, ■— фæкодта хивæнд Мери, — сыгъ- зæлинтæ нæм гоыы дзаг куы уа, уæд нæм хостæ \л хъ\амæ дыууæ гоны дзаг уа... — Ацу, уæдæ, ды æцæг мæ чызг нæ дæ, фæлæ дæ мады, — йæхицæй аиуварс кодта Кæрæфбег Мерийы æмæ ма йæ ныхæстæм афтыдта, — фæлæу, кæддæра дæ æз горæты стыр базары расыг лæгæн нæ ауæй кæ- нии сау суарийыл. % - -•- Æыæ æз бамбæхсдзынæн. — Æмæ дæ æз та мæ къæбысимæ ссардзынæн. Кæрæфбег ацахсынмæ хъавыдис Мерийы, фæлæ уый алыгъд æмæ йæ м<ады хъæбысы-смидæг. —- Гъе, уый та дын чызг æмæ йæ зонд, — хъуыды кодта Кæрæфбег йæхинымæр. —* Сау суарийы аргъ не сты æртæйæ дæр. Фæстаг хатт Нинæ зæрдæхсайгæ ^куы уыд, уæд Кæ- рæфбег тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ каст лазппумæ, фæ- лæ та Нинæйæн æртыккаг хатт дæр райгуырд чызг. Уыцы хъуыддаг Кæрæфбег куы базыдта, уæд ыл, цыма, исчи уазал доны къæрта бакалдта, афтæ (баризæгау кодта ,йæ буар. — Фæсайдтай мæ, хуыцау, зæнæгæй æмæ дæ мæ тæ- ригъæд уа^д, æпдæр дын цы загъдæуа, — мæстæлгъæ- дæй сдзырдта Кæрæфбег. Уæвгæ йæхи афтæ æнамолдыл нымадта æмæ разы уыд зæххы скъуыды ныххауыныл дæр. — Цы у чызг? Хæсс æй, хæсс æмæ искæмæн. Сау суарийы аргъ пайда1 нæу хи хæдзарæп. Уый нæ, фæлæ ма йы:н дæхæдæг дуне хæрдзтæ скæн. Чындзæхсæвтæ, хуынтæ, чындздзон дарæс, — æмæ куы ахъуыды кодта ^ахæм хæрдзтæ та йе ’ргæ чызгæн дæр «бахъæудзæн, зæгъ- гæ, уæд рагацау пæ зæрдæ барызт. йæ цæст ахасра уа- 82
ты къуьимты. Хуымæтæджы дзаумæттæ алы рæтты ’вæрд, зæрдæ сæ цæмæй барухс уыдаид, ахæмæй дзы йæ цæст ницæуыл хæцыд. Фæлæ Кæрæфбеджы ныфс, хъару æмæ хъæздыгдзинадæн æвднсæн уыд йæ дыккаг уат. Ам рæсугъд æфснайдæй фæрсæй-фæрсмæ лæууыдысты ни- келæй ахуырст дыууæ цъæтджын сынтæджы. Уаты пъол æнæхъæнæй дæр «уыд зыиаргъ гауызтæй æмбæрзт. Уаты дыууæ фарс къулыл царæй пъолмæ сæхи æруагътой ра>- сугъд нывæ|фтыд гауызтæ, йæ фæтæн рудзгуытыл — рæ- сугъд нывæфтыд рудзьшгæмбæрзæптæ. Уаты дыууæ /къуымы .кæрæдзимæ, зулаивæй кæсæгау, кæнынц тул- дзæй арæзт дыууæ шифанеры, дыууæйыл дæр стыр кæ- Ææнтæ. Сæ иуы Нинæйы дарæс, иннæйы—Кæрæфбеджы. Уаты бæстастæу — тымбыл стъол, зырнæй зылд къæх- тимæ, стъолæмбæрзæны хаутæ хæццæ кодтой пъолмæ. Стъэлы акомкоммæ, дуары рахис фарс чысыл диван, кæрдæггъуыз хъæдабæйæ æмбæрзт. Дыууæ рудзынджы ’хсæн царæй зæхмæ фæлурс æрттывд кодта слыр кæсæи. Уымæй дарддæр къулыл уыдис алгъуызан &лрæ хуыз- истытæ. Хуымæтæджы адæмимæ Кæрæфбег, фынджы уæл- хъус бада, æви ныхас кæна, вæййы кæддæрйддæр æттаг уаты. Фæлæ, хицауадæй искæуыл фембæлд, зæгъгæ, уæд (байгом кæны мидæггаг уаты дуæрттæ æмæ уазæ- гæн, цыма, йæхицæГг феппæлы, бакæс-ма уæртæ дзæнæ- тон уатмæ, уыйау æй фæхоны мидæмæ: — Дæ хорзæхæй, хуыцауы уазæг, мидæггаг уатмæ са:ккаг кæн. Уыцы рæсугъд æфснайд уаты зынаргъ дзаумæттæ фæфылдæры бæсты хъуамæ къаддæр кæигæ цæуой, лæп- пу йын кæй нæ фæц’ис, уый аххосæй. Р1æ æртæ’ чызджы чындзы куы цæуой, уæд сæ алчи фæйнæ дзаумайы уæд- дæр æрдомдзæн. Нæй зæгъын йæ цæсгом нæ бахъæц- дзæн, фæйнæ дзы куы ахæссой, уæд та дзы заигæ иицы- уал ба^кæндзæн æмæ м,а уæд цæмæй сæрыстыр уыдзæн, куыд ма хъуамæ æрбахона афтид уаты къуымтæм хи- цæутты. Ахæм хъуыдытæ кæнгæ, ра’зы уыд йæ æртæ чызджы баивыныл цыфæнды фæныкгуыз лæппуйæ дæр. Амондджыныл нæ нымадта йæхи Нинæ дæр, Кæрæф- *бегимæ йæ цард кæй сбаста, уымæй. Кæрæфбеджы 83
зондахаст, йæ зынæфсисдзинад Нинæ зыдта уымæй раз- мæ дæр. Фæлæ æнхъæл уыдис раивдзæн йæ зæрдæйы уаг, зæгъгæ. Ууыл йæ ныфс нæ дардта, уæд цыфæнды худинаджы зарæджы хай куы фæуыда|ид, уæддæр ын •нæ ба.куымдтаид. Ныр æй фидарæй уырньш байдыдта Кæрæфбеджы’ зæрдæмæ кæрæфдзинад рæстæгмæ кæй нæ ныххызт, фæлæ биноныгæй. Æмæ ныр та -æгæр ба- рæджы. Куыд фæкæна æртæ сывæллоны æнæ фыд: æмæ кæддæр, хæххон сагау, бæрзæндты йæ сæр чи ’хаста, пæ цардæй хъал чи уыдис, уыцы Нинæ ныр йæ гæрзтæ æрæвæрдта, ныллæг æркъул тодта йæ сæр, хъысмæт ын царды цы амонд снывæзта, уый размæ. Кæрæфбег Ни- лæйы куы æрхаста, уæдæй фæстæмæ иу бон дæр нæ,ма уыд быдыры. Райд’яаны Иинæйы æмгæрттæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, Нинæйы тыхæй бæтгæйæ дæр ничи ба- уромдзæн хæдзары, нæ бафæраздзæн æнæ быдыр. Афта* хъуыды кодта Нииæ йæхæдæг дæр. Чындзы æрцыды фæстæ иудзæвгар рæстаёг куы ра>цыд, уæд йæ лæгæн бакон кодта быдырмæ ацæуыны тыххæй. Ау, уый та куыд? Æз мæ ^бинойнаджы схæссын- хъом нал дæи, æви æз кæй кусын, уый æгъгъæд нæу хæдзарæн? — бустæ кодта Кæрæфбег, — Æз та æдзух дæр хæдзары баддзынæп? — фæр- сæгау акодта Нинæ йæ лæджы’, уæвгæ та зæгъынмæ хъавыд: «уæнг хъадджын, гъе, та иизджын куы нæ дæи мыййаг, уæд мæ дæ хæссын цæмæн хъæуы». Фæлæ æм- баргæ уыд Нинæ æмæ хъуыды кодта: «Тызмæг пыхас бинонты цард сызмæнтдзæн, æндæр дзы н’щцы пайда ис, фæлтагу кæд фæстагмæ æртасид». Нинæ ацы хъуыддаджы тыххæй ныхас кодта, Кæрæф- бег сæхимæ куы нæ уыд, афтæмзгй Арысханимæ, фæлæ йын уый дæр ницæмæп зæрдæ бавæрдта. Æрмæст Арыс- хан сæхимæ куы цыд, уæд ын, зондамонæгау, затъта: — Мæ хойы хай, цæрыс хуыцауы цардæй æмæ дзæ- гъæл хъаст кæныс дæ хъысмæтæй. Алцæмæн дæр афон зоньш хъæуы. Цæргæ-цæрæнбонты æвзонт нæ уыдзы- пæ. Абон дæхæдæг тырныс быдырмæ æмæ дæ кæй н-æ уадзынц, уый тыххæп дæхи æфхæрды бынаты æвæрыс. Р’айоом та дæ тыхæй кæндзысты, уæд та дæхæдæг нал комдзынæ. хъаст кæндзынæ дæ амэидæй, бæлдзьшæ 84
•æнæмæт цардмæ. Фæлтау ахъуыды кæн, авд хатты йæ абар æмæ йæ иу хатт алыг кæлг. — Арысхан, цыма, Ни- пæйы зæрдæхудтæй тарсти, уыйау ма йæ ныхæстæм хъазгæмхасæн афтыдта: — Æнкъард та цæмæй ма кæ- иай, уый тыххæй карз арахъхъ фылдæр дар æмæ дæ-иу арæхдæр абæрæг кæндзынæн. — Мæн æви ара’хъхъы? — фæрсæджы каст бакодта Нинæ Арысханмæ. -- Гъе, афтæ ма зæгъ, — ряхис къухы æнгуылдзæй бавзидгæйæ, загъта Арысхан æмæ ацыд. Уæдегй фæстæмæ Нинæ никуыуал окой кодта йæ лæгæн дæр æмæ иннæтæн дæр йæ царды тыххæй. Сразы нæ хъыемæтыл. Æнæхъуаджы угйдзæфтæ дæр ыл иу æмæ дыууæ хатты пæ ауад Кæрæфбегæй, фæлæ йæм къæйных никуы сдзырдта. Нинæ хорз базыдта йæ ла^- джы суцца зæрдæйы уаг. Æвиппайды æрбатæвд, уæд :ем уыцы минут мацы сдзур, ма йæ ракъах, науæд дæ ?агъды бып сЬæкæндзæн. Уый фæстæ дæр æм цалыпмæ дæхæдæг бацæуай æмæ йæ æрлæгъзытæ кæнай, чысыл сьгвæллоны гуылæй куыд фæсайынц, афтæ йыл цалын- мæ баузæлай, уæдмæ йе ’лхынцъ æрфгуыты тар нал фе- .халы. Абон райсомæй Кæрæфбег йæ куыстмæ а’цыд зæр- дæрухсæй, фæстæмæ та ’рбацыд мæстджынæй. Нинæйы кæд фæндыд, йæ лæджы мæсты аххос базонын, уæддæр ■æй нæ афарста, тарсти йæ масты дзæкъул ын куы фæ- къæртт кæна, уæд æй уромæг дæр нал бауромдзæн, зæгъгæ. Нинæйы æхоæвæр ууд цæттæ. «Æхсæвæр нæма хæрыс?»—афæрсынмæ хъавыд иæ лæджы, фæлæ уæдмæ уыпгты дæлæмæ йæ бидаркæйы æрбедæйцыдис Арысхан æмæ Кæрæфбеджы рудзынджы раз бадгæ ’куы ауыдта, уæд йæ бидаркæ фæурæдта. Кæрæфбег рацыд Арысха- ны размæ. Кæрты дуар уæрæх бакæнгæйæ, Арысханмæ сдзырдта: — Мидæмæ! — Нæ мæ ’вдæлы, рæстæг зынаргъ у.—Уæвгæ ца- вæр рæстæджы кой кодта Арысхан, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. йæ хъуыддæгтæ бакодта районы æмæ пыр цыди сæхимæ. 85
Кæрæфбег бæхы дзыларыл æрхæцыд æмæ йæ, æнæ Арысханы бафæрсгæйæ, баздæхта кæртмæ. — Цы татъд кæныс? Уæхимæ дæр ныххæццæ уыдзы- нæ! Арысхан рахызт бидаркæйæ æмæ ехсы хъæдæй хæ- дзары дуар бахоста: — Гъе, хæдзар, ракæс æттæмæ, науæд дæ мæ бидпр- кæйы ласын, — йæхæдæг дзуапмæ дæр нал банхъæл- мæ каст, ’бахызт мидæмæ. Кæрæфбег бæхы йæ дзыларæй бабаста кæрты бæла- сы зæнгыл. Бидаркæйæ райста бæхы хызын, уыди дзы сысджы. Бафтыдта йæ бæхы хъуырыл, бæхы хæмхуд- тæ хызыныл бафтаугæйæ. Уайтагъддæр райхъуыст бæ- хы дæндæгты зæрдиаг мыртт-мыртт. Кæрæфбег та ба- цыд м’идæмæ. Чысыл раздæр Кæрæфбег йæхæдæг цы бадæныл бадт, ууил ныр паракатæй йæхи аскъæрдта Арысхап æмæ цыдæр ныхас кодта Нинæимæ. «Йæхи адыл та нæу», — Кæрæфбеджы хъустыл ауад Нинæйы ныхас. «йæ тæккæ хуыздæр хос карз арахъхъ», — фæжодга Арысхан. — Нæ, ацы хатт ын арахъхъ нал баххуыс кæпдзæн,— мидæггаг уатмæ бакъахдзæфгæнгæйæ, бамбарыы кодта Кæрæфбег æмæ стъолы иннæ фарс, дæллаг рудзынджы раз æрбадт. Нинæ стъолыл æрæвæрдта тæвд уæливыхтæ, хъай- ла, стæй графины дзаг ахуырст арахъхъ. — Гъе; уый хъуыддаг у, гъе! Уый куы зыдтаин, уæд дын нæхимæ цыдтæн. —Мæ, гъа, куы дæ февдæлы, уæддæр стыр хъуыд- даджы хуызы дæхи февдисыс—Графин йæхимæ ’рбайс- гæйæ, æмæ агуывзæты арахъхъ ра.уадзгæйæ, загъта Кæ- рæфбег, — æмæ бæргæ аргъгæнæг куы уаид ахæм куыс- тæн, фа\лæ... ' — Фæлæ цы? — цайцымæн йæхимæ баввахсгæп- гæйæ, афарста Арысхан. Уæвгæ та йæ дзæгъæлы афарс- та. Арысхан уыд колхозы разамынды. Æппæт дæр ба- зыдта. Абон йæ фырт Хæсанæ, йе ’рдхорд Мысост, йе- 4рйад Ахберд æмæ йæ каис Кæрæфбег Зилтæдоны тъæ- 86.
пæны зæххы тыххæй ныхас кæнгæйæ, кæй фæбыцæу сты. Йæ бинойнаг Нинæйы куыстмæ кæй нæ уадзы, уый та йын ногæй бадардтой йæ цæстмæ. Колхозы разамынды Арысхан бауайдзæф кодта йæ фырт Хæсанæйæн, æн& йæхи ахæм фарстытыл 1кæй быцæу кодтой, уый тыххæй» Хæсанæ фидарæй ныллæууыд Зилгæдоны тъæпæны зæрæстон зæхх бакæныныл. Ноджы ма йын Мысост дæр фарс фæлæууыд. Уый тынг хъыг уыдис Арысханæн. Æмæ ныр, изæрæй сæхимæ цæугæйæ, арф хъуыдыты аныгъуылд. Дис кодта адæймаджы бирæ миниуджытыл, адæйм-аджы зынæфсиодзинадыл, цæргæ-цæрæнбонты • дæр лæджы дæст кæй иицæмæй фефсæды, дунейы хæз- цатæ йын йæ разы куы сам<айай, уæддæр. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, чысылæй-иу ын йæ фыд цы бирæ ар- гъæуттæ кодта, уыдонæй иу къорд. Иу æм дзы ацы хатт уæлдай растдæр фæкаст. Уый уыди афтæ: иу хатт, дам, иу æфсады разамонæг йæ æфсадамæ æнæдон бы- дырмæ куы бафтыд, уæд ссардта иу адæймаджы сæры къуыдыр. ’Æфсады разамонæджы бафæндыд, сæ- ры къуыдыр цæй уæз кæны, уый базонын. Барæныл æй æрæвæрдта, иннæрдыгæй та топп æд гилдзытæ, фæлæ сæры къуыдыр разынд уæззаудæр. Уыцы хъуыддагыл бадис кодта æфсады разамонæг. Диссаг фæкастис æф- сæддонтæм дæр. Æмæ радыгай барæныл æвæрын рай- дыдтой сæ хæцæнгæрзтæ, сцагъд сæ кодтой, фæлæ сæ- ры къуыдыр уæддæр разынд уæззаудæр. Уыцы рæстæджы сæм фæрсырдыгæй каст иу зæронд лæг æмæ сыл бахуд- ти, ’бацыд æфсады разамонæджы размæ æмæ йып загъ- та: —Æнæхъæн дунейы ’мбис бæргæ басастай дæ хъару- йы фæрцы, фæлæ уæддæр зондджын нæ дæ. — Дæ ныхас хъуыддагæй куы нæ бафидар кæнай, уæд, уыцы сæры -къуыдырау, дæ сæры къуыдыр дæп фæхицæн уыдзæн дæ гуырæй æмæ дын ам дзæгъæл бы- дыры хъæддаг сырдты хæринаг фæуыдзæн!—бартхъи- рæн æм кодта æфсады разамокæг. — Табуафси, — загъта зæронд лæг æмæ сæры къуы- дыры цæстыты дзыхъхъытæ сыджытæй айдзаг кодта. Хæцæнгæрзты уæз æвиппайды æрхаудта бынмæ, зæхмæ, сæры къуыдыр та фæтахт уæларвдмæ, стæй æрцыд фæс- 87
тæмæ æмæ, барæныл сæмбæлгæйæ, лыстæг згъæлæнтæ ба.цис. — Ай та цы дисса.г у? — бафарста æфсады разамо- иæг зæронд лæджы. — Уым диссагæй ницы ис, — загъта зæронд лæг. — Адæймагæн йæ цæст ницæмæй æфсæды. Райсæм гъеныр дæу. Ды басастай дунейы æмбис, >фæлæ уæддæр дæ цæсл ницæмæй æфсæды, бырсыс размæ. фæлæ кæдæм, цæ- мæн, уый дæхæдæг дæр нæ зоныс. Æфсады разамонæгмæ æцæгæй дæр тынг раст фæкаст зæронд лæджы дзуапп æмæ йын йæ сæр нал ра- лыг кодта. Ракодта йын бирæ лæвæрттæ, йæхæдæг та йе ’фоадимæ ’фæстæмæ аздæхт. Арысханмæ раст нæ касти, стæй йын уыди тынг хъыг. Хæсанæ æмæ Ахберд фидарæй Зилтæдоны тъæпæ- ны зæрæстон зæхх бакæныныл -кæй ныллæууыдысты, уый. Кæрæфбег æм ацы хаттæй растдæр никуы фæкаст, уымæн æ,мæ Арысхан Зилгæдоны тъæпæн зæххыл пæ нымадта. Ары.сханы сащьæсты ’хсæн фæзындис хъæу- бæсты кадджындæр зæронд лæг Ахберд. «Уымæ фæцæ- уынц зонд фæрсынмæ. Уый фæндоныл рауад абон кол- хозы раза-мындмæ быцæу æмæ бæргæ хорз фæндон куы уа(ид, фæлæ ихæй ма^сгуытæ амайынц, цъæх айнæгыл— нартхор заиын кæнынц», — афтæ хъуыдытæгæнгæ фæ- цæйцыд Арысхан сæхимæ, фæлæ Кæрæфбеджы рудзын- джы раз бадгæ куы ауыдта, уæд баурæдта бæх. Ныр, Кæрæфбегимæ стъолы фарсмæ бадгæйæ, пе ♦’ргом фæндон загъта: — Уæлдай зæхх æнæмæнгдæр бакæнын хъæуы, æр- мæст Зилгæдоны тъæпæны нæ, фæлæ æндæр ран. Кæрæфбег кæд уæлæмхасæн зæххы скэймæ йе ’рфгуытæ фелхын’цъ кодта, уæддæр дзургæ ницы скодта. Уымæн æхсызгон уыдис Арысхан дæр кæй ныллæууыд Зилгæдопы тъæпæн бакæныны ныхмæ. — Æмæ уæддæр зæххы фарста алыг? — аф^арста Кæрæфбег Арысханы, цæмæдæр 1ма йæ зæрдæ æхсай- гæйæ. —< Мæнырдыгæй алыг! » — Мæнырдыгæй алыг, — ахъуыды кодта Кæрæф- 88
^бег Арысханы ныхæстыл, — значит, зæххы фарста бын- тон нæма алыг? — фæрсæгау акодта Кæрæфбег. — Нæма! — куыддæр æнæ разыйы дзуапп радта Арысхан æмæ м-а йæ ныхæстæм афтыдта:—Зæххы фарс- та, æвæццæгæн, алыг кæидзысты районы. — Дæ фындз куы руагътай, Кæрæфбег. Тæрсгæ ма кæн. Уыдон фроп- ты сæ туг калдтой, уый раст у. Фæлæ æз дæр ам хуыртæ не ’хсæстон. Район нæ, респубдикæ дæр хорз зоны Сыр- хауты Арысханы. Æмæ цалынмæ æз сæрдар дæн, уæд- IV:æ, мæ цæст æрттивгæйæ, колхозыл зиан не ’рцæудзæн. Раионы мæ,м куы нæ байхъусой, хъуыддаг областы ра- замынды раз æрæвæрдэынæн. Фæлæ Радиты Дудар мæ иыхасыл дыууæ никуы м>а загъта. Æмæ Дудары ныхас та циу, уый зоныс? Æхсаргарды цъыкк. Загъта «нæ», уæд фæци. Колхозы разамынды мæ куы бахæсджыи кодтой, уæд æм сдзырдтон, хъуыддат ын бамбарын код- тон. Æмæ мын алывыд акалдта. Абон, дам, мæ каби- петы æргæ сахаты ’куы фæбадтæ, уæд, дам, мын æй цæ- уылнæ загътай. Зæгъын, æз æй мæхæдæг дæр нырма ныр базыдтон. Мæ фæстæ сæвзæрд, зæгъын, нæ гуып- пырсартæм ахæм фарста. Гуыппырсартæ нæ, æз, дам, сæ тæнæгсæртæй агæпп кæнын - кæндзынæн. Уæдæ. Æвæццæгæн, фырмæстæй йæ хъæлæсæй цæхæртæ хауд- та, афтæ хъæр кодта. Тæккæ райсом нæм йæхимæ сиды. — Уæдæ уæм митæ уыдзæн! — Уыдзæн. уыдзæн, Кæрæфбег. Æнæмæнгдæр. — Æмæ сын районы бар куы радтой, уæд та? — Уæд абласть дæр ис, край, суанг ЦК-мæ дæр æм- бæлы бахъаст кæнын. Зилгæдэны тъæпæн бакæнын уы- дзæн кэлхозæн, цæстуынгæйæ, стыр фыдракæнддзинады хъуыддаг, — йæ ныхас фидарæй загъта Арысхан. Нинæ уæды онг дæр иннæ уатæй йæ хъус дардта Кæрæфбег æмæ Арысханы ныхасмæ. йæ лæг цæй тых- хæй уыд мæстджын, уый базыдта æмæ сын, мидæггаг уатмæ бахизгæйæ, бауайдзæф кодта: — Уæ хорзæхæй, бюн изæрмæ уын æгъгъæд нæу хъуыддаджы тыххæй дзурын, уæ хæринæгтæ куы ныу- уавал сты. Хъармæй дзы ахæрут. Кæрæфбег рауагъта нозт иу агуы.взæйы æмæ йæ .авæрдта Нинæмæ. 89
— Гъа, дæ хорзæхæй, уæддæр хыл ма кæн. Нинæ нуазæн айста æмæ йæ къух Арысханмæ ба- даргъ кодта: — Мæ нуазæн дып, Арысхан, ^ науæд мæ чъынды æфсип рахондзынæ. — Уæд~ мæ мафд фен, дæхæдæг æй аназ! — хъазгæ- йæ бахатыд Нинæмæ, — науæд ма æз уый куы баназон, уæд ласинаг фæуыдзынæн. — Гъемæ дæ кæд Згъар нал афæраза, уæд ам ныл- лæудзынæ, — загъта К&рæфбег. Арысхан райста нуазæн, скуывта сын сæ кæрæдзийы зæрдæхудты цы нæ цæуоп, фæлæ, кæрæдзи уарзгæйæ, æмкъай, æмзæронд цы бауой, æмæ сын, æртæ чызгау, æртæ лæппуйы дæр цы райгуыра, ахæм амонд уæ уæд, зæгъгæ, æмæ нуазæны бынæй рухс окæсьш кодта. Чъи- рийы карст йæ фындзм’æ бахаста, басмыста йæм, фæлæ дзы хæргæ нал акодта, фæстæмæ йæ стъолыл æрæвæрд- та. — Æгæр, æгæр, амардтай мæ, — ныикæрзыдта Арыс- хан æмæ Нинæмæ, худгæйæ, бакасти,—йе скæнæгæй на- латдæр у. Афтæ дын цы загътон, Нинæ, æмæ карз арахъхъы бæсты спирт дарай. Цæй, уæ минас мин • азы, — сыстади фынгæй Арысхан, фæлæ Кæрæфбег уæдмæ æрыдзаг кодта ногæй атуывзæтæ. — Фæндагсæр Уастырджийы тыххæй ма дын æнæ ба- назгæ нæй. — Кæрæфбег, абои мæ федтай, райсом дæр ма ацы бонæй у? —Нæ, Арьгсхан, раст нæ зæгт^ыс. Райсом у ацы къуы- рийæ, ацы мæйæ, ацы азæй, ацы æнуоæй, фæлæ абон пи- куыуал раздæхдзæн. ■— Каис нæ, фæлæ филоооф. Стыр рæдыд та æруагъ- тон, Нинæ,—Арысхан Нинæйы йæ дæларм æрбакодта,— дæ сæры хицауы дын завхозæй кæ,й сæвæрдтои. Ахæм сæ- рæн йæ бынат æндæр ран ис. — Ома? — афарста Нинæ. — Ау, нæ уыныс, философ завхозæн бæззы. Агитатор,. хуыздæр агитатор цырагъы рухсæй дæр не ссардзынæ. Нæ хъусыс, апы бонæн раздахæн нал ис. 90
Арьгсханы ма цыдæртæ зæгъын фæндыди, фæлæ йын- уæдмæ Кæрæфбег йæ къухты агуывзæ фæсагъта: — Арысхан, лæгты дзуар дæм æнхъæлмæ кæсы! Арысхан тыххæйты банызта фæстаг нуазæн æмæ Кæ- рæф(бегимæ, ’кæрæдзийы цæнгтыл хæцгæйæ, рацыдысты ’ кæртмæ. Згъар фæцис йæ сьгсджыйы дзæкъул хæрд æмæ æнхъæлмæ касти йæ хицаумæ. Кæртмæ куы рацыдысты, уæд бæх бауасыд, цы.ма йæ зæрдæйы циндзинад æвдыс- та, уыйау. Арысхан рæвдз схизынмæ хъавыди бидаркæмæ, фæлæ йын нæ фæрæстмæ æмæ йыл Нинæйы зæрдæ цæмæй ма фæхуда, уый тыххæй загъта: — Æх, æгæр фæзæронд дæн. — 0А лæппуйæ рогдæр уыдтæ, — бахудт Кæрæф/бег.— йæхæдæг бæхы дзылар райхæлдта æмæ Арысханы ра- хæццæ кодта кæртæй уынгмæ. Чысыл фæстæдæр талынг уынджы хъуыст бæхы цæф- хæдты æмæ бидаркæйы цæлхыты хъæр. «Уæлахизы» кол- хозы сæрдар Арысхан тындзыдта йæ хæдзармæ. йæ фæ- дыл хъоишæг цæстытæй уыджы каст акодта æнтъыснæг зæрдæимæ Кæрæфбег æмæ хъуыдыты аныгъуылд: «Куыд кæсын, афтæмæй мæ оиахс’ Арысхан дæ ныхас дæр, карды комау, нал кæрды. Уый йедтæмæ нырмæ дæ ныхасыл дыууæ зæгъаш куы нæ уыд, уæд пыр куыд ба- рыс ахæм хъуыддаг. Хъæддыхдæр куы нæ фæлæууай дæ хорз-хæлар Радиты Дударимæ, уæд тæссаг у Зил- гæдоны тъæпæны зæрæстон зæхх афæлдахынæй. Уæд ноджы фылдæр ивддзинæдтæ æрцæудзæи канд колхозы царды нæ, фæлæ иæхи царды дæр.’Уæд сисдзысты мæн завхозы бынатæй, акæндзысты Нишæйы быдыры куыст- мæ, стæн, чи зоны, дæхи усы дæр». Ф Æ Д 3 Æ X С Т 1 Фарны райæххæсткомы сæрдар Радиты Дудар æмæ Сырхауты Арысханæй афтæ зæгъæн ис æмæ иу джип- пы уагъд сты. Сæ дыууæ дæр ставд арæзтытæ, уæлдай фыд кæуыл фæхæцыд, ахæмтæ. Сæ дыууæ дæр уарзынц 91
ирон фынг, цывзыджын тæвд арахъхъ æмæ бур физо- нæг. Хъæуа, æви нæ, уæддæр сервнæрынгæнæг хъæлæс тыпг фæнæры. Куысты зизæг нæ зоньгнц, фæлæ ногдзи- надмæ кæсынц уазал цæстæй, æвналынц æм тæрсгæ-риз- гæйæ. Чи зоны, ацы дыууæ адæймагмæ ахæм миниуджы- тæ кæй уыдн, уый тыххæй уæлдай хуыздæр æмбæрстой сæ кæрæдзи. Арæх-иу фехъуыстаис районы æмбырдты Радиты Дудары стауæн ныхæстæ: «Сырхауты Арысхан у районы тавккæ фæзминагдæр колхозы сæрдар. Сырхау- ты Арысхан алы хъуыддалмæ дæр кæсы паддзахадон цæстæй». Иу æмæ дыууæ хатты сæ хъустыл не ’рцыди ахæм ныхас дæр: «Дудар æмæ Арысханæн иу хæдон уæ- рæх у». Дударæц колхозты сæрдарты ’хсæн уыдис, йæ зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр кæй иста, уæлдай удаудæн кæуыл кодта, ахæмтæ. Уыдонæй иу уыд Сырхауты Арыс- хан. Мисхалы бæрц æххуысы фадат ын уæд, уьгй йедтæ- мæ никуы ахъуыды кодтаид. уæртæ уыцы колхоз тыхст- дæр у, къуындæгдæр сты.йæ фадæттæ æмæ æххуыс раз- дæр ’уымæн хъæуы, зæгъгæ, фæлæ-иу телефоны трубкæ систа æмæ-иу йæ хæлар колхозы сæрдартæм йæхæдæг дзурыныл 'Схæцыд, стыр æхсызгондзинад æвдисгæйæ.- «Ахæм æмæ ахæм баххуысы фадат ис районæн æмæ кæд уæ зæрдæ зæгъы, уæд уæм фæкæсон». Арысхан æмæ Дудары хæлардзинад уæлдæй хуыз- дæр зыдтой «Размæ» æмæ «Уæлахизы» колхозонтæ. Уы- мæ гæсгæ загъта Арысханы апыды хæд .фæстæ Сырхау- ты Ахберд, зæгъгæ, иугæр Зилгæдоны тъæпæ,ны хъуыд- даг Радиты Дудармæ бахауд, уæд ыл уæ къух а-уигъут. Уый йæ алыг кæндзæн, нæхи Арысханы куыд фæнды, афтæ. Ахберды ныхас раст фæкаст иннæтæм дæр. Тæссаг уыд Радиты Дудар йæ къæхтæ куы ныббыцæу кæна, уæд хъуыддаг бакъуылымпы уыдзæн, зæгъгæ. И-сдуг фæсабыр сты. Алчи ^æр сæ дагъæстыл фæци. Хæсапæ телефоны трубкæ систа æ,мæ сдзырдта Хестан- ты Уаримæ. Радзырдта йын, Зилгæдоны тъæпæны тых- хæй сæм цы фæнд ис, уый. Нæ басусæг кодта, уыцы ахсджиаг фæндоныл иуæй-иутæ джебэгъы цыргъ фын- 92
дэимæ кæй æм’бæлынц, уыимæ та колхозы завхоз Кæ- рæфбег, йæхи фыд Арысхан æмæ райæххæсткомы сæр- дар Радиты Дудар, уый дæр. «Уый стыр æмæ ахсджиаг фарст у æмæ иунæгæй алыггæнгæ нæу», — уыди Уарийы дзуапп дæр. «Райаом нæм Дудар йæ кабинетмæ сиды!» —-бамба- рып кодта Хæсапæ. «Кабинет дæр хорз у, фæлæ Зилгæдоны тъæпæн куы фениккам, уæд та поджы хуыздæр. Æмæ куыд, уæ фа- дат амоны? «Ныртæккæ?» — афарста Хæсанæ æмæ Мысостмæ бакаст. Мьгсост ын сæрæй разыйы дзуапп радта. «Уæдæ мæм банхъæлмæ кæсут», — бафæдзæхста Уа- ри. Уæвгæ йæхæдæг та ахъуыды кодта, йæ сæр батйл- гæйæ, Радиты Дудары тыххæй. Афæстаг рæстæджы æп- пындæр кæрæдзИ’ нал æмбарынц. Уаримæ афтæ кæсы, цыма бынтон ’быцæу цы хъуыддаджы пе ’мбæлы, уым дæр Дудар йæ ныхмæ фæдзуры. Æмæ уый, мыййаг, æнæзонгæйæ афтæ нæ’ фæкæны. Дудар рагæй кусы ацы районы разамынды сæрдарæй. Партийы рапкомы цал- дæр секретары раивта. Кадртæ фаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу областы разамынд загъта: «Уым Радиты Дудар дæр æгъгъæд у!» Иуæй-иу секретартимæ та дзы Дудар нæ бафидыдта æмæ сæ фарст цæмæй д:$æ-' бæхæй ахицæн уыдаид, уый тыххæй-иу партийы райко- мы фыццаг секретартæй дыууæйы æидæр районмæ ар- ьыстой. Уый тыххæй нæ; æмæ Радиты Дудар алы хатт раст уыдис! Нæ! Фæлæ зæрондда^р кусджытыл нымад уыд, стæй хорз хъуыддæгтæ чысыл нæ сарæзта æмæ йын уымæ гæсгæ аргъ кодтой. Барсг ын цыдысты йæ иуæй- иу рæдыдтытæ. Аннæмæй та областы разамынды уыдис, рыг абадын -ыл чи нæ уагъта, ахæм кусджытæ. Уыдо- нæй иу уыдис партийы обкомы фыццаг секретарь Би- рæгъты Созырыхъо. Хестантьт Уарийы ацы районмæ куы ’рвыстой, уæд ын уæвгæ бирæтæ бафæдзæхстой, да* хорзæхæй, Радиты Дударимæ иумиаг æвзаг ссар. На- уæд уæ мыды къусы къæм ныххаудта, зæгъгæ, уæд... Цы- быр ныхасæй, Уари фæсаууонмæ бамбæрста, цавæр сæр- даримæ йæ кусын хъæудзæн, уый. Фæлæ-йæ фæдзæхсгæ дæр дзæгъæлы кодтой. Исты мыййаг æвзонг партиоп 93
-хусæг уыд, гъе, фыццаг хатт куыста разамонæджы бы- наты. Уари уыдис ленинон куырдадзы ’хсыст, фæлтæрд- джыи партион кусæг. Уый хорзæй зыдтой областы разамындгæнæг кусджытæ дæр. Партайы обкомы фыц- цаг секретарь бафæдзæхста Радиты Дударæн йæхи дæр, зæгъгæ, ме ’нæзонгæ Дудар нæ дæ, зоньгн дын дæ зæр- дæйы ахаст, уарзыс хъæртæ, тыхæмхасæн хивæнд ми- тæ. Уыдоп хорз не сты, фæлæ сæ Уарийы цур бынтон- дæр куы нæ кæнай, гье та Уарийы Га’бола куы фенхъæ- лай, уæд фæрæдидзынæ. — Цы мæ фæдзæхсут, уæ хорзæхæй, исты уæларвæй æртахт уæ Уари?! Æз дæн куысты лæг, æмæ кæд уы- мæй размæйы секретартимæ не ссардтон иумиаг æвзаг, уæддæр оцанигонд кæй уыдысты, уый тыххæй, — йæхи рæстытæ кодта Дудар.. — Æз цыфæнды адæймагимæ дæр базондзынæн кусын. — Хорз, хорз, фæлæ дæм сæрмагэндæй уый тыххæй фæдзырдтон, цæмæй дæ уæ райко,мы ног секретаримæ мæхæдæг базо’нгæ кæнон. Мæхи- .кабинеты, бамбæрс- тай? — дзырдта <йын уæд Оозырыхъо. Хестанты Уари обкомы секретары ка’бинетмæ куы бацыд, уæд ын Созырыхъо загъта: — Мæнæ дын уый та Радиты Дудар, Фарны райæх- хæсткомы сæрдар. Дудар тынг зæрдиагæй нылхъы,зта Уарийы къух, æмæ цьша йæ зæронд зонгæ уыд, уыйау йемæ ныхас кæ- ныныл схæцыд. Созырыхъо, Уари æмæ Дударæн сæ цæнгтыл хæцгæ- йæ, рахызт суанг æттæмæ. Радиты Дудары машинæсæм æттейæ æнхъæлмæ каст. — Дудары машинæйы ацæудзынæ æви дæ хицæн машинæ хъæуы? — ба(фарста Созырыхъо. — Мæ хуыссæнтæ мæ ласын хъæуы, æндæр хи’цæн машинæйæ цы кæнын, — бафиппайдта Уари, — уæвгæ йæм аив нæ фæкаст Бирæгъы фырты фарст. — Уыдоныл м,а тыхс. Райфойы машинæ дæр ам ис. Хуыссæнтæ уыдонæн аласын кæндзынæн. Чемодантæ — мæхæдæг. Æмæ кæд Радиты Дудар йæхи машинæйыл æрлас- та Хестанты Уарийы, стæй сыи партийы обкомы фыцпаг '94
секретарь та бафæдзæхста хæларæй кусын, уæддæр сæ .хæлардэинад бирæ нæ ахаста. Æрмæстдæр хæсты рæс- тæджы. Уый фæстæ сæ мыды къусы къæм ныххаудта. Райдианы ма Дудар æгæр дæр æппæлыдис Хестанты Уарийæ. Созырыхъойæн иу æмæ дыууæ хатты нæ загъ- та ахæм партион кусджыты цырагъы рухсæй агурын хъæуы, зæгъгæ. Бирæ бауарзта Уари йæхæдæг дæр Радиты Дудары, уæлдайдæр хæсты тæккæ уæззаудæр бонты. Афтæ зæ- гъæн ис æмæ-иу кæд уьшæй размæ Дудар йæ >кары кой бирæтæн скодта, уæд дзы хæсты азты йæхи сæр ферох. Йе ’ппæт цард дæр нывондæн хаста фронтæн фылдæр баххуысы сæраппонд, фæллайын нæ зыдта. «Улæфынæн дæр та æрцæудзæн рæстæг, фæлæ ныртæккæ фронт до- мы фылдæр æххуыс», — дзырдта-иу зæрдæйæ-зæрдæмæ колхозонтимæ.— Армы дзаг цухы бæсты нæ алчи дæр армы дзаг фылдæр хор куы радта, кæнæ фæйнæ фæлыс- ты уæлдай цъындатæ, æрмкъухтæ, гъе, хъарм худтæ, уæд нæ хæстонтæ уыдзысты æфсæстдæр, хъармдæр, стæй бирæ хæстхъомдæр!» Хæсты азты Дудары сæр бирæ фæхаласдæр. Фæ- иис хæст, æртæфстысты Дударыл йæ æнæхуыссæг бирæ æхсæвтæ. Уый æвзæрырдæм фæзындис районы куыстыл. Хестанты Уари зæрдиагæй дзырдта Радийы фыртæн, дæмæй иу мæй йæ фæллад уадзьшмæ ацыдаид. Фæлæ иæ Дудар окой дæр нæ уагъта. — Район æнæхъæнæй дæр хæсты хъæдгæ,мттæ у, æз та мæ фæллад уадзон? Уæд мып цы зæгъдзысты адæм, областы разамынд? Æви районы мæ сæр нал хъæуы æмæ æнæ ме ’ххуысæй дæр иæ куыст кæндзæн?! — Ду- дармæ афтæ каст, цыма Уари кæд цыфæнды хорз кусæг у, уæддæр районы уæз æнцайы Дудары уæхсчытыл, æмæ æнæ йæхи /ницы бакæндзысты. Уæвгæ Уарийы фæдзæхстмæ гæсгæ Дударæн баулæ- фыны хабар бакэй кодта Созырыхъо дæр. Æмæ æцæг диссаг та уæд фæощс. Иуæй йын тынг æхсызгон уыд, об- ла’сты равамынд ыл афтæ кæй тыхсы, уый тыххæй. Ан- иæмæй та кæд уьшæй размæ рахъавыд иу чысыл уæд- дæр йæ фæллад суадзын, уæд ныр йæ оæрæй аппæрста бынтондæр уыцы хъуыды æмæ «нæйыл» ныллæууыд. йæ цæстытыл ауадис областы разамонджытæ йæ иннæ рай- 95
онты кусджытæн цæвиттонæн куыд хæсдзысты, куыд сып дзурдзысты: «Кæсут Радиты Дудармæ, хæсты рæс- тæг æвзонг лæппу фестад, хуыссæг йæхицæн адджык нæ кодта. Æмбæлы йын йæ фæллад суадзын æмæ йæ æрвитгæ дæр кæнæм Сау денджызы былмæ, фæлæ нæ комы». «Сау денджызы-был!» — æхсызгонæй сдзырдта Ду- дар æмæ йæ уæнгтæ айвæзта. Хæсты размæ ,алы аз дæр пыдис уырдæм. Иу хатт та дзы базоигæ областы га- зеты редакторимæ. Дудары зæрдæмæ тынг фæцыдис редактор æмæ дзы кæыгæ æфсымæр скодта. Радиты Дудар та рахызт ахæм методмæ: æнæхъæн къуыригæйтты бадт æмæ телефоны аппаратæй колхоз- тæ æмæ хъæусоветты сæрд’артыл командæ кодта; æр- выл’бон дæр сæм алыхуызон инструкцитæ æрвыста сæр- магонд хæстимæ. Гъе, фæлæ-иу, зæгъгæ, исты ног компанийы рæстæг ралæууыд, уæд-иу Дудар канд йæ аппараты нæ, фæлæ æнæхъæн раионы дæр йæ сæрыл слæууын кодта. Бæс- тæ-иу фæдис осис. Ахæм ’ рæстæджы-иу æрбатар йæ æнæмæтдзинад. Минут дæр-иу цух нæ уагъта колхозты а^мæ хъæусо-ветты. Иуæй-иу æхсæвты-иу сбон кодта йæ кабинеты. Нæ-иу схуыссыд йæхæдæг, фæлæ хуыссын нæ ■уагъта иннæты дæр. Районы æппæт куыст^иу снывонд кодта, уыцы компани æмгъуыдæй раздæр цæмæй бах- хæст кодтанд, уымæн. Хæсты рæстæджы гитлерои окку- .пантты "къухмæ рæстæгмæ цы территоритæ бахаудтой^ уыцы -колхозты быдырон стантæй, иу стæмтæй фæстæмæ, пицы аирвæзт æиæ пырхæй. Быдырон куыстытæ æнæ- къуыльшпыйæ цæмæй ацыдаиккой, уый тыххæй æвæс^ тиатæп барæвдз кæнын хъуыдис стантæ. Хестанты Уа- рийы фæдзæхстмæ гæсгæ районы колхэзты арæзт æр- цыдис сæрмагонд арæзтадон бригæдтæ. Уари колхозты сæрдартæн бафæдзæхста, æппæт фадæттæ дæр сарæз- таиккай, арæзтадон бригæдты куыстытæ æнæкъуылым- пыйæ цæмæй цыдаиккой, уымæн. Зымæджы рæстæджы арæзтадон - бригæдтæ рæвдз кодтой, колхозонты хæдзæрттæй хæсты рæстæджы пырх- гонд чи æрцыд, уыдонæн рæстæгмæ цæрæн бынæттæ. Куыст алы ран дæр æхсыст, цæджджинагау. Рагуал- 96
дзæджы та бавнæлдтой быдырон стантæ аразынмæ. Бирæ рæтты сæ сремонт кодтой, бирæ рæтты та сæ дзыхъхъынногæй аразын бахъуыд. Чысыл къуылымпы- дзинæдтыл не '^бæлдысты арæзтадон бригæдтæ, арæз- тадон æрмæг сæм афоныл æмæ фаг кæй нæ ластой, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр Фыдыбæстæйы хæсты не стыр ’уæлахиздзинадæй æппæт адæм дæр уыдысты стыр ра- зæвгард, нæ зыдтой рыст æмæ фæллад. Кодтой удуæл- дай фæллой. Арæзтадон бригады уæнгтæ сæ зæрдыл дардтой Уарийы ныхæстæ: «Æмбæлттæ, саразæм æппæт фадæттæ дæр фæллойгæнæг зæхкусджытæн. Уадз æмæ знæгты фыдæнæн хæсты фæстæ æмбисондæн баззайа иæ хорæрконд». Арæзтадон бригадæтæ бирæ стантæ фæ- уыдаинкой цыбыр æмгъуыдмæ, фæлæ ралæууыд уал- дзыгон куыстыты компани æмæ та Радиты Дудар йæ рог .машинæйыл, фатау, тахт Фарны районы быдырты. Иу къорд ран арæзтадон бригадæты быдырон стантæ аразгæ баийæфта æмæ сæ загъды бын фæкодта. Алы- выд акалдта колхозы сæрдартæн, ахсджиаг компанийы рæстæджы æндæр куыстытæ кæй кæнынц, уый тыххæй. Ныууадзын кодта стантæ æрдæг арæзтæй æмæ арæзта- дан бригæдты бафтыдта уалдзыгон куыстыл. Колхозты сæрдартæй кæмæдæрты раст нæ фæкаст Радийы фыр- ты ми æмæ хъуыддаг бамбарын кодтой Уарийæн. Фыц- цаг быцæу уæд .фесты Уари æмæ Дудар. Уари тыиг са- бырæй æмбарын кодта Дударæн, зæгъгæ, быдырон стантæ куы нæ уа колхозтæн, уæд адæмæн æхсæвæт- тæйæ сæ бон нæу кусын, бахъæудзæн сæ æхсæвиуат кæнынмæ хъæумæ цæуын, уый та у æппæт куыстытæн дæр къуыл!?1,мпыйы хос, дыууæрдæм цæуыныл сафдзыс- тьгбирæ рæстæг, Фæлæ Дудар уæддæр лæууыд йæхи фæндыл æ,мæ дзырдта фидарæй: ко.мпани’ у уæлдай ахсджиагдæр рæстæг паддзахадон куысты æмæ уымæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Компани хорзæй, æмгъуыдæй раздæр куы ахицæп кæнæм, уæд, табуаф- си, аразæнт стантæ нæ, фæлæ фермæтæ дæр. Уæвгæ колхозы сæрдартæй бирæтæ хорз зыдтой Ду- дары зæрдæйы ,уаг æмæ-иу сæ,м бацыд, зæгъгæ, уæд бацархайдтой йæ фæсайыныл. Дудар-иу куы фæаууон, уæд та-иу, сæхимæ растдæр куыд касти, афтæ кодтой. 7* 97
Дудар компапийыл афтæ æнувыд кæй уыд, уый зæр- дыл даргæйæ, Уарзд рагацау зыдта, йæ размæ йын Зил- гæдоны тъæпæны тыххæй цы фарста æрывæрдтой, уый кæй у стыр быцæуаг, уæлдайдæр уалдзыгон куысты- ты райдианы хæд размæ. Дударимæ йæ æнæмæнгдæр тох кæнын бахъæудзæн. Фæлæ ахæ,м диссаджы хъуыды: цæрæнбонты конд чи нæ уыд, уыщы зæхх бакæныны фарстайы иувæрсты Уарийы бон нæ уыд а1хизын. Уымæ гæсгæ загъта «Уæлахизы» колхозы райдиан партэрга- низацийы секретарь Хæсанæйæн, æнхъæлмæ мæм кæ- сут, зæгъгæ. Уарийы фæндыд Зи’лгæдоны тъæпæны хи цæстæй фенын, Колхозы фадæттæ йенæзонгæ не сты. Æмæ кæд æнæзиан, æнæжъуылымпыйæ бафæлварæн уа> зæххæн, уæд æй цæуылнæ хъуамæ бафæлварæм, зæгъгæ. Тагъд-тагъд йæ гæххæттытæ афснайдта, скодта йæ палто, ныккодта йæ худ æмæ, гъаныр кабинеты дуар рахгæна, афтæ йæм бацыдис Радиты Дудар. — Æз ма та дæумæ цæуинаг уыдтæн. Зилгæдоны тъæпæн... — Зонгæ дæн уыцы фарстимæ. — Æмæ? — цьша Дудары зондахаст базонынмæ хъавыд, уыйау æм бакасти Уари. — Уырдæм цæуынмæ ма хъавай? — Хъуамæ йæ фенон. Ды нæ цæуыс? — Æз æй раджы федтон. Стæй иу æмæ дыууæ хат- ты нæ, фæлæ бирæ хæттыты. — Æмæ куыд у? — Айнæг къæдзæх, чæндон, цæнгæт, топпы нæмыг дзы нæ хизы. Æмæ ууыл мард æрцæуæд. Дæндагæй дæр æй бахсыниккам, бæмбæг æй фестын кæниккам, фæлæ йæ цæрæнбонты доны хъæстæ никуы фæцис æмæ дзы афтæмæй цы хъуа,мæ ’рзайа. Æз дæр кастæн, Уари, хи- -цауады уынаффæ. Фæуæрæхдæр хъæуы, зæгьгæ, хуым- гæнды зæххытæ. Æмæ ссардзыстæм ахæм зæххытæ дæр. Бирæ хуымты кæрæтты дыгай метртæй фылдæр скодтам дурæппарæн. Сцæндтæ сты.-Аласдзыстæм сæ æмæ дын уый зæхх. Нæ бон у иу цалдæр гектары та ма сыл угæрдæн зæххытæй афтауын. < —Дурдзæндтæй цы зæгъыс, уый хорз, фæлæ угæр- дæнтæ æнæуи дæр нæ фаг кæнынц! 98
— Гъемæ уæдæ ууыл ныллæууæм, Хицауад афтæ ни- куы зæгъдзæн адæмæн, ис æви. нæй, уæддæр ссарут, зæгъгæ. Уый йæ уынаффæйæ адæмæн амоны æмæ сын æххуыс кæны, цæмæй лæмбынæгдæр æркæсой сæ бæр- ны зæххытæм æмæ дзы кæд искæмæй нæ пайда кæнынц, рохуаты баззад, уæд дзы спайда кæной. — Æмæ кæд Зилгæдоны тъæпæн дæр ахæм у, Ду- дар? — Цахæм у, уый дын загътон! — йе ’рфгуытæ фæ- тардæр кодта Дудар, Уари уæдæй нырмæ дæр дисы баф- тыд Дудары сабыр, хиуылхæцгæ ныхасыл. — Нæма йæ федтон, фæлæ нын иугæр колхозы ра- замынд нæ размæ сæвæрдта фарста, уæд аив нæу уый сæрты ахизын. Дзуапмæ нæм æнхъæлмæ кæсдзысты. Уæлдайдæр сын загътон банхъæл-мæ мæм кæсут, зæ- 1ъгæ. — Æмæ ууыл та цы тыхсыс, ныртæккæ сæм æз те- лефоны ныдздзурдзынæн, цæмæй сæ сæртæ ма риссын кæной, Райсом та сæм мæхимæ оидын æмæ йыл ам аныхас -кæндзыстæ-м. — Омæ хорз, фæуæд афтæ. фæлæ æз «уырмæй цæ- уыл ныхас кæндзынæн. Нæ, афтæ а"'И)в нæу. Зивæгæ’й- цард нæй, фæлтау æм ныууайон. Нырма раджы у. — Цу, цу, уæдæ. Нал дæ уромын, фæлæ дын абон мæ хъуыды тынг сабырæй загътон. Ууыл феокъуыд Уари æмæ Дудары ныхас. Чысыл фæстæдæр Уари бадт >йæ шофыр Мызойы фарсмæ æмæ сæ машинæ скъæфта районы центрæй Фарны хъæумæ. ^ 2 Райсомæй хурзæрины фыццаг минæвæрттæ иæма схъазыдысты хæхты цъуппытыл, афтæ кæртмæ йæ уæнг- тæ ивазгæ рацыд Мызо. Аууæрста йæ цæстытæ æмæ бакаст йæ машинæмæ. Машинæ уыдис цъыфæйдзæгтæ. Йæ цæлхытæм кæсгæйæ, зып базонæн уыдис, сæ фыц- цаг хуыз цавæр уыд, уый. Цъыф сыл бахус æмæ æлыг- гъуыз систы. Цъыфы пырхæнтæ бахус сты машинæйы фæрстыл æмæ æвгтыл дæр. 99
— Джхаджы фидар машинæ у, — ахъуыды кодта йæхинъгмæр Мызо. — Уый цы фæндæгтыл æрзылд, ууыл- ты мын æндæр шофыр куы æппæлыдаид йæ машинæ- йæт уæд мæ уырнгæ нæ бакодтаид, фæлæ ма йæ исты сæрхъæн рахуыдтаин. Дæ асцы нæу, дæ хъару уый у,— машинæмæ бацыд .бензины бачы сæр сыгом кодта Мызо æмæ йæм ныккаст. Уыдис ма дзы иу чысыл бензин. — Хорз ма нæ æрбахæццæ кодтай, хуыздæр фæу, — æппæлыдис йæ машинæйæ Мызо æмæ йыл йæ къух •æрсæрфта, стæй йæ армы тъæпæнмæ æркаст æмæ чъи- зи къух ;куы федта, уæд загъта: О, ма байрайат уа: Зилгæдоны тъæпæнæй, Фарныхъæу, кæд мæ кæуылты æрзилын кодтат. Ныртæккæ дæ арæсугъд кæндзынæн, тæрсгæ ма’кæн. Мызойы мад ,Сæли дыгъта сæ хъулон хъуджы. Йæ фæдджытыл-иу ын куы ’рхæцыд, уæд-иу æхсыр, цыхцы- рæгау, тахт бедрайы хуылфмæ, æхсыры сæр урс фынчы- тæ аразгæйæ. Мызойы мадмæ хорз хъуыст хъуджы сы- иæр цæгъдын æмæ фæдджытæй бедрамæ урс фынчытæ кæигæ æхсыры цыхцырджыты сæр-сæр. Фæлæ маши- нæйы маторы тæр-тæр куы осыд, уæд уыцы хъæры æрбайсæфтысты хъуджы сынæр цæгъдьш æмæ æхсыры сæр-еæр. Сæли ракасти .машииæйы ’рдæм. Мызо ахуыс- сын кодта матор æмæ рахызт æттæмæ. Мызо машлнæ- йы цæлхытыл радыгай зылд æмæ-иу сæ йæ цырыхъхъы фындзæй бахоста. Бæрæг сæ ’кодта. ныддыминаг сæ ис- чи у æви нæ, зæгъгæ. Мызойы мад фæци хъуг дыгъд. Уатмæ бахизыны агъом.мæ æрлæууыд къæсæрыл, рахиз къухæй бедра- йыл хæцы, афтæмæй, йæ уарзон фыртмæ ’бакæогæйæ, сдзырдта: — Дæ фыны йæ федтай? — Бауырнæд дæ, мæ фыны, Æна, — ,бахудгæйæ, мады фарстæн дзуапп радта Мызэ. — Мæ хицау мын бафæдзæхста, цæмæй йæм сæумæрайоом фæзынон. — Омæ, гормоп, хуыцау ын иæй, дæ хицауæн, æви нырма дысон æмбисæхсæв куы ’рбацыдтæ, уæд цавæр у, бон цал сахаты æмбæлы кусын? I— Æна, уырыссаг æмбисондау, амондджынтæ рæстæг нæ хынцынц. 100
— Омæ уæддæр цал сахаты æмбæлы? — бафарста «огæй мад йæ фырты, тæригъæд ын кæнгæйæ. — Куы хъæуа, уæд цыппар æмæ осæдз сахаты дæр. — Мызо йæ мадмæ бацыд æмæ йæ йæ дæлармы æрба- кодта.—Эх, Æна, Æна, ды мæныл фæмæт кæныс, мæ са- хæттæ мын фæнымайыс, фæлæ мæ хицауыл та чи бамæт кæна, куы нæ йын ис мад, фыд, сидзæрæй куы схъомыл, уæд? Æз дысон æмбисæхсæв мæ хæдзары æрбаййæф- тон хъарм хæринаг, уый та? — йæ ныхас фæныллæг- дæр кæнгæйæ, хуымæтæг дзырдтæй зæгъæн ’кæмæн нæй, ахæм æхсызгондзинадимæ сдзырдта Мызо, — мæхицæй ууыл арæхдæр фæхъуыды кæнын. Æнæхъæн районæн уынаффæ кæнын зоны, фæлæ йæхи цардæн ницы. — Йæ ныхас æххæстæй нал загъта Мызо.- Сæлимæ хардзау æркастысты- йæ ныхæстæ æмæ, цыма, йæ фырты зæрдæ æлхæдта, уыйау ын бакодта: — Омæ-иу æй демæ рахон. — Бæргæ йын фæдзурын, фæлæ нæ ракомы. Ацы æнафоны, дам, Æнайы нæ батыхсын жæндзынæн. Сæлийы зæрдæмæ тыпг арф бахъардтой йæ фырты ныхæстæ. йæ саулагъз цæсгом дзæвгар фæрухсдæр ис мадæн. — Бирæ* хорз адæмтимæ фембæлдтæн хæсты дæр æмæ сабыр царды рæстæг дæр, бирæ хорз адæймæгтæ федтон, фæлæ дзы уæддæр Уарийæн æмбал нæй. Гъе, уый, Æна, æхсыст коммунист кæй хонынц, æцæг ахæм адæймаг у. Уымæн йæ уæхсджытыл цы уæз æнцайы, уый дæлæ уыцы машннæйыл куы рынцаид, уæд сау фæ- нык фестид йæ бынаты. Уый цæст уыны, хуымæтæджы цæстæй фенæн кæмæн нæй, ахæм чысыл хъуыддæгтæ се стыр фидæнимæ. Æнцонæй ^ары алы адæймзджы зæр- дæмæ дæр фæндаг. Цы колхюзмæ фæзыны, уым, цыма, куысты æппæт хъæндзинæдтæ дæр æрбатар уыдзысты, ахæм цæстæй йæм фæкæсынц адæм. Мызойы цæсгомыл, цыма, хуры тынтæ аныдзæвдыс- ты, афтæ ныррухс Уарийы коймæ. — Ахæм адæймагимæ, Æна, цасфæнды дæр куы куса дæ фырт, уæддæр ын макуы фæтæрс бафæллайы- нæй. 101
— Омæ бинонты ,амал та цæуылнæ кæны, мæ къона, æви йæхицæн иикæйы аккаг кæны? — Афтæ ма дэур, Æна. Цырагъы рухсæй дæр нс ссардзынæ йæхицæй хуымæтæгдæр, уæздаидæр адæймаг. Мызо йæ мады къухæй райста бедра æмæ йæ м^ицæ- мæ бахаюта!. Мызойы сæрæй нæ цух .кодтой рæсугъд хъуыдытæ. Дысон Уари, Мысост, Хæсанæ æмæ Ахберд Зилгæдопы тъæпæн куы фёдтой, уæд се ’хсæвæр бахас- той Æхсараты Мыоосты хæдзармæ. Цалынмæ æнæхон- гæ уазджытæ сæ ’къухтæ ’хсадтай, Зилгæдоны тъæпæны тыххæй хъуыддаджы ныхасыл схæцыдысты, уæдмæ Азау фынг ацæттæ кодта. Хæсанæ иугæр сæ кæртмæ -куы бахызт, уæд фæлæу- уыд, фæлæ йын уæдмæ Мысост загъта, иннæтæ дæр æй куыд бамбарой, афтæ: «Дæхи фæстейæ цы уромыс?» Бауырнæд уæ, хæстæй -куы ’рцыд, уæдæй нырмæ мæ хæ- дзары нæма уыд. Афтæмæй та иу кæрты цæрæм, * -- Гъе, Мысост, уым цыдæр ис, бахудгæйæ, загъта Уари. — ^Хуыцау зæгъæд, хуыцау! — хъæлдзæгæй сдзырд- та Мысост дæр. Мидæмæ бацыдысты, фысымтæн - сач къухтæ райстой. Мад æмæ чызг уайтагъддæр федтæ- дуар сты. — Хæсанæ, ды кæстæр дæ æмæ æфсинтæм фæкæс, Арысханмæ дæр бадзур, — сдзырдта йæм Мысост. Хæсанæйы хъустæ фырæфсæрмæй ссыгъдысты, уæвгæ йæ зæрдæ фырцинæй авд æттæгуæлæйы сæрмæ сгæпп кодта. Уатæй бæргæ рæвдз рацыд, фæлæ кæрты куы ’рлæууыд, уаад ын, цыма, исчи йæ къахыл здыйы пут абаста, уыйау æй исын нал фæрæзта. Уыд рагуалдзæ- джы мæйрухс æхсæв. Цæст дардмæ хорз уыдта. Хæсанæ тыхст йæхимидæг. Æттейæ йæ машинæимæ цыдæртæ архайдта Мызо æмæ рахъавыд уынгмæ ахизын дæр. Науæд Азауыл куы сæмбæла, уæд ын цы хъуамæ зæ- гъа. Уыцы хъуыды цух нæ уагъта Азауы дæр. Уаз- джытæй дуармæ чидæр кæй рахьгзт, æмæ цæджындзы цур кæй æрлæууыд, уый хорз федта, уæвгæ Азау æмæ йæм-иу исдугæй-исдугмæ сæрдтон хæрииаггæнæн уаты къулы фæйнæджы зыхъхъырæй ракаст, йæ мад æй 102
куыд нæ бафиппайдтаид, афтæ. Фæндыд æй Хæсанæ у, æви нæ, уый базонын. Фæлæ дзы цырагъ сыгъди æмæ йæ уый рухс хъыг- дардта. Хорз нæ уыдта, цæджындзы аууон цы æчдæрг лæууы, уый. Аминæт кæркдонмæ куы ацыд, уæд Азау лæмбынæгдæр акæсынмæ хъавыд, фæлæ уазæгæн ’йæ боя уыд, чидæр æм фæйнæджыты зыхъхъырæй йæ цæст кæй дары, уьгй базонын. Æмæ йæм уый та аив нæ фæ- касти. Уайгæ дæр æм ракодтаид, фæлæ цы ’фсонæй. Уæдмæ Аминæт кæркдонæй рахаста иу карк æмæ йæ Азаумæ авæрдта: — А, дæ нывонд фæуон, лæгтæй йæ иекæмæн æр- баргæвдын кæн. Азау райста карк æмæ кæд йæ зæрдæйы цæф фæ- тынгдæр, уæддæр йæхиуыл фæхæцыд æмæ сау æн- дæрджы "цурмæ бацыд сабыр къахдзæфтæ кæнгæ. Ба- каст’æм лæмбынæгдæр, базыдта Хæсанæйы. — ^Сургæ дæ ракодтой? — Сургæ! — исчи йæ куы фехъуса, уымæй тæрсгæ- йæ, ныллæг хъæлæсæй сдзырдта Хæсанæ. — Æмæ дын æмбæлгæ дæр кæны! — Азауы уæздан уайдзæф ауад Хæсанæйы хъустыл. Æмæ ма йæ дзырдтыл афтыдта: — фæлтау ардæм куынæ слыгъ- даиккам. — Бæргæ! — сирвæзт Хæсанæйы ныхас. — Афтæ дæ фæнды? — фæцымыдис Азау. Хæсанæмæ уæвгæ афтæ каст, цы-ма Азауимæ иу кæр- ты нæ цæрынц, зæгъгæ, уæд æй афонмæ иу ссæдз хатты уæддæр федтаид. Афтæ æнхъæл уыд Азау йæхæдæг дæр. Ф’æлæ йæм ныр цæмæдæр гæсгæ дызæрдыггаг фæкаст Хæсанæйы дзуапп. Азауæн цыма йæ бирæ дзу- ринæгтæ фесты, уыйау нал зыдта, цы ма загътаид, уый. Æмæ ма адæргæй сдзырдта: — А, карк аргæвд. — Æмæ тæригъæд нæу? —- Афтæ тæригъæдгæнаг дæ, уый æнхъæл нæ уыд- тæн? Азау карк бадаргъ кодта Хæсанæмæ. Карк спæр- пæр кодта æмæ йын Хæсанæ рæвдз ацахста йæ базыр- 103
тæ. Фæлæ каркимæ аныдзæвд Азауы къухтыл дæр æмæ фест^æлфыд. Феуæгъд кæнынмæ хъавыд карчы, фæлæ йæм уæдмæ Азау, æфсæрмыгæигæйæ, бынтон сусæг хъæлæсæй сдзырдта: — Ма аирвæзæд. Исдуг Азауы къухтæ æмæ каркыл хæцгæйæ, аззад Хæсанæ. Стæй иæм æвиппайды цавæрдæр ныфс фæзын- дис æмæ йын цыма йеппæт уарзондзинад æвдыста, уыйау загъта: —■ Азау, цыппар азы дæ уындæй æнæхай куы уыд- тæн, уæд æгъгъæд нæу? Кæдмæ афтæ хъуамæ хъизæ- мар кæнон? — Цалынмæ карк аргæвдай, уæдмæ! — йæ къухтæ суадзгæйæ, загъта Азау æмæ Хæсанæйæ фæхипæн. * * * Иугæр фынг куы ацæттæ, уæд кæстæриуæггæнæг дæр фæлæууыд Хæсанæ. Фæлæ лæугæ нæ -кодта, сбадын æй кодтой. — Нæ уат чысыл у æмæ нын бахатыр кæнут, — фынг æвæргæйæ, загъта Аминæт, — уазæг — цæттæ, фысым— æдзæттæ æмæ ныл ма бахудут. — Бæркадкъух Аминæт, кæд дæ стыр уат хъуыдис, уæд уæртæ иннæтæ саразын кодтаис. — Бæртæ, бæргæ, Ахберд, фæлæ уал, зæгъын, махау, тыхст чи уыдйс, уыдонæй алкæй дæр ахæм къуым куы фæуа, уæд æдыхстдæр уыдзæн. — Раст хъуыды кæны Аминæт! — ныхас айста Уари. — Алы хатт дæр паддзахадон цæстæй фæкæсы хъуыддагмæ, — растыдта йæ Мысост дæр. — Рагæй дæр ахæм куы нæ уыдаид, Мысост, уæд ын мæ тæккæ лæппуйæ зьгмæджы тъæнджы сугтæ нæ лас- таин. — Уæдæ, уæдæ, Ахберд! — бахудти Мысост. — Гъех, тæхуды æмæ дæм ныр Микъала дардæй куы ’рбакæсид. — Мæрдты авд дæлæмæ ныххауæд. — Уæд æцæг ныххауид, æцæг. Йæ кæддæры æх- 104
хуырст — колхозы сæрдар. Хъуыды ма кæныс иу хатт ныхасы куы фæхыл стут? — Уæвга^ йæ искуы ферох кайндзыиæн, — ивгъуыд царды æбуалгъ нывтæй уæззау ныккæрзыдта Мысост æмæ Уаримæ бакасти. — Микъала нæ хъæуы кулæк- тæн сæ тæккæ гæбæрдæр уыдис. — Иухатт сæм Мысостимæ хъæубæсты иыхасы хыл рауадис æмæ йъш <куыд бафидис кодта, уый зоныс, — дзырдта дарддæр Ахберд, — дæхæдæг^ ын æй зæгъ, 'Мысост. — Æмæ дæуыл не ’ууæндæм? Цыфæнды мæгуырты паддзахад, дам, куы ’рцæуа, уæддæр, дам, ды куыд гæвзыкк, æнæсæрæн уыдтæ, афтæмæй баззайдзынæ. — Уæдæ дæ ныр. куы фенид, уæд æцæг акæнид дык- каг мард! •— Æмæ уæ дыууæ дæр.уæ къух фыссын куы нæ зыдтат, уæд та? — йæ ньгхас сæм баппæрста Аминæт дæр. — Уæды заман ахæм уыд, уымæ нæ не ’вдæлди... Стæй дæхæдæг та кæд базыдтай кæсын æмæ фысоын? — Уый бæсты ма, Ахберд, Уарийæн радзур, æнæ ирæдæй ус куыд æрхастай, уыцы хабар. — Уый мын Радиты Дудар дзырдта, фæлæ æцæг хабар уыди? — Æцæг, æцæг! — Омæ та фæстæмæ уæддæр мæ ныхасмæ æрцы- дыстут. Уæд къуындæг уыдысты нæ царды фадæттæ. Фæлæ ныр та? Ай цы сарæзтат? Мæнæ нæ дзæбæх чызг Азауæн ахæм чысыл уаты чындзæхсæв кæндзыс- тæм? ’— Азаумæ худæндзастæй бака-ст Ахберд. Азау ныфсæрмы, Хæсанæйы хъустæ та ссыгъдысты. — Ды мын усгур лæппу зæгъ, Ахберд, уый йедтæмæ ■чындзæхсæв дæлæ кæрты дæр сараздзыстæм, — уавæр бамбаргæйæ, Мысост Хæсанæйы афарста: — Арысхан- мæ бадзырдтай? — Ам нæма ис. — Диссаг, ’цымæ кæм щуан кæны нырмæ мæ хæлар? — Дæ хæлары дын, Мысост, абон Радиты Дудары кабинетæй рахизгæ ауыдтон! — бамбарын кодта Уари. 105
— Нæ уын загътон, схæццæ йæм уыдзæн! — фæтагъд кодта Ахберд. , — Уый цал сахатыл уыдаид? — афарста Мысост. - — Æвæццæгæн, боны дыууæ сахатыл. — Нæ, Ахберд, Арысхан хъуыддаг уæд нæма зыдта! Изæрырдæм ыл куы ныхас кодтам! Хæсанæ рагуагъта нозт. Мысост систа фыццаг нуа- зæн æмæ загъта: — Фынджы хистæр Ахбердæн йæ цæрæнбон бирæ уæд! — Дæхæдæг фæлæу, дæхæдæг! — æрхатыд æм Ах- берд, — гъе та мæнæ Хестаны фырт. — Фæлæ иууыл- дæр сразы сты Мыоосты фæндоныл. Ахберд систа нуа- зæн йæ къухмæ: — Уари, фарн дæм бадзурæд, фæлæ мæ ныхас дæу- мæ у. Æз зæронд лæг дæн, цæрдтæй мæрдтæм феввахс- дæр дæн æмæ мæнæн худинаг уаид козбау ныхас кæ- нын. Фæлæ дæм абон Хæсанæ куы сдзырдта æмæ йын куы загътай, Зилгæдоны тъæпæн абæрæг кæнæм, зæгъ- гæ, уæддæ. канд æз нæ, фæлæ негшæт дæр фæбузныг стæм. Федтай йæ дæхи цæстæй, фæлæ нын дæ фæндон пæма загътай. — Зилгæдоны тъæпæны дзæвгар ис зæхх, — загъта Уари. — Фæлæ у тынг дурджын. Къахдзæфæй-къах- дзæфмæ йæ хъæуы, змисау, луарын, æмæ уый нæ къу- хы зынæй бафтдзæн. Уымæй хурджын аз куы ахæсса, уæд та бынтон дзæгъæл фыдбон. Фæ/гæ уый бæр’ц зæхх æмæ æппындæр мацы пайда хæссæд, уый раст нæу. Ах- берды æрдæбоны хъуыдыйыл æз дæр æууæндын. Фи- дæны канд зæхх нæ, фæлæ арвыл дæр лæг уыдзæн хи- цау. Лæджы цы бафæнда æмæ цы нæ бакæндзæн. Ба- фæлварæм уал дзы иу чысыл. Стæй уый фæстæ бæрæг уыдзæн. — Раст зæгъыс, раст! — Бафæлварæм æй! — Ды та цы зæгъыс, мæ механизатор? — афарста Уари Мызойы, — Цыхъуамæ зæгъОн æз. Уе ’ппæт иу дзыхæй кæм сдзырдтат, уым раст уыдзыстут. Фæлæ нæ трактортæ ахæм зæхх бакæнынæн нæ бæззынц. Уым æрхъуыды кæнын хъæуы æндæр исты. 106
— Гъемæ уый та дæ бар кæнæм! — загъта Уари. — Бузныг дæ уыдзыстæм, кæд ма нын айфыццаджы хуызæн лæгдзинад равдисай, уæд. Мызо ныббуц ис Уарийы стауæн ныхæстæй. Æмæ уæвгæ цæй стауæн ныхæстæ уыдысты, кæд æмæ МТС йæ къух цы тракторыл ауыгъта, ай йæ фыдæбоны аргъ дæр нал у, зæгъгæ, уымæн Мызо фембырд кодта æндæр хæлд машинæтæй æмæ танкæтæй алыхуызон хæйттæ æмæсæафтæ барæстытæ кодта, цыма тракторæн иæхи хæйттæ уыдысты. МТС тракторы сфыста æмæ лæ- вæрд æрцыд партийы райком æмæ райæххæсткомы куыстытæн. Сæрибар рæстæг дзы иу æмæ дыууæ хат- ты нæ хуым кодта Мызо йæхæдæг, уæлдайдæр та улæф- ты бонты. Ахбердиты ныхас ахаста æмбисæхсæвмæ. Стæй кæ- рæдзийæн хæрзæхсæвтæ загътой æмæ фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. Мызо Уарийы фæсæмбисæхсæв баласта райкоммæ. Уари ссыгъта йæ кабинеты цырагъ æмæ йе стъолыл федта иу цалдæр гæххæтты, æркæстытæ сæм кодта æмæ дзы иутыл цыдæртæ афыста\ Иу гæххæттмæ дзы фæком1коммæ æмæ йæ мидбыл бахудт, йæ сæр дисгæ- нæджы тылд бакодта æмæ загъта: — Ардæм та мæхи хъæуы райсомæй раджы цæуын. — Гъе, ахæм у, гъе, Уари, Æна. Ныр та мæ машинæ арæсугъд кæнон, науæд æцæг куы барæджы уа, уæд мæ Уари нæ фæрсдзæн, кæмæй æппæлыдтæн æмæ цæй тыххæй, фæлæ мæ бафæрсдзæн, цæмæн барæджы код- тон, зæгъгæ. Чысыл фæстæдæр Мызойы машинæ, хуры тынтæм æрттывтытæ калгæ, тахт хъæуы бынæй хъæуы сæры- рдæм. Иу цæхгæрмæ уынджы хæрхæмбæлд фæцис Дзи- былыл бæхуæрдонимæ. Кæд æнæнхъæлæджы фембæлд- мæ Мызо машинæ фæурæдта, уæддæр бæх йæ фæстæг- тыл нæ алæууыд, æмæ фæстæмæ иуцалдæр къахдзæфы нæ а’кодта, уæд æй машинæ æнæ скъуыргæ нæ фæуы- даид. Дзибыл бадт, гуыффæйы сæр цы фæйнæг æвæрд уыд, ууыл æмæ бæх йæ фæстæгтыл куы алæууый, уæд Дзибылæн йæ къæхтæ фæхъил сты æмæ гуыффæйы 107
смидæг. Уæвгæ йæ гуыффæйы фæстаг фæйнæг нæ бау- рæдта, уæд, чизоны, зæххыл йæ тъæпп фæцыдаид. Хъуыддаг дзæбæхæй ахицæн, зæгъгæ, уый куы федта Дзибыл, уæд ехсæй бавзыста Мызомæ: • — Æфсымæр, дæ машинæмæ хуыздæр кæс, науæд дыг бæхы бын кодта. — Раст зæгъыс, — хынджылæг кæнгæйæ, загъта Мызо æмæ, матор тывг стæр-тæр кæнгæйæ, йæ маши- нæ аскъæрдта уæрдоны иуфæрсты. Бæх нæма æрсабыр æмæ, йæ хъустæ ныхъхъил кæнгæйæ, йæ мидбынаты змгглыд. Дзибыл æй ехсæй æркъуырдта æмæ уæд уын дæр размæ азгъордта. Дзибыл ма бæргæ фæкаст фæс- тæмæ, фæлæ Мызойы машинæ иннæ тигъы аууон фæ- цис дсМ’ги йæ ьал ауыдта. Бирæ хæттыты федта Дзыбыл машинæтæ. Бирæ хæттыты сыл суади горæтмæ дæр, фæлæ, æвæццæгæп, ныртæккæ куыд бахæлæг кддта Мызомæ, афтæ никуы бахæлæг кодта иу шофырмæ дæр. Тынг æй бафæндыд колхозы быдырон станмæ бæхуæрдоны бæсты маши- нæйыл дон ласын. — Гъей, джиди,—сдзырдта йæхины- мæр, — уæд канд иустаны нæ, фæлæ ма суанг сыхаг^ колхозы дæр æфсадин донæй. Уæвгæ мыл хъуамæ тагъд ахæм рæстæг дæр акæна, — сдзырдта Дзибыл æмæ ехсæй тынгдæр бавзыста бæхмæ. Уый тагъд код- та колхозы куырдадзмæ, цæмæй йын йæ боцкъайы тæ- лытæ æнгомдæр æрбалхъывтаиккой. А 3 А У 1 Дысон бонмæ нал бафынæй Æхсараты Азау. йæ -сæ- ры зилдух кодтой уарзопдзинады сагъæстæ. «Хæса, Хæса, мæ тæригъæд дæ уа, кæд мын цæ- мæн кодтай æ,?.гъау уыды дыууæ дзырды. Æниу - цæй тагъд балыгътæ, гормон, уæхимæ. Ау, хуыссæт дыи кæ- нæй адджындæр у? Æви ды дæр дæ хуыосæны мæнау рафт-бафт кæныс?» Азауы цæстытыл згъордтой, йæ са- бийы бонтæй йæ бахъомылмæ йæ Хæсанæимæ цы царды нывтæ бастой, уыдон. Рæстæг цыд. Хъомыл кодтой Мысост æмæ Аминæты 108
дыууæ сабийы Сандр æмæ Азау æнæнизæй, рæсугъдæй. Никуы сæ фесхуыстой сæ уарзон мад æмæ фыд. Скъо- ламæ цæуынхъом куы фесты, ,са!битæ, уæд цавæрдæр æнахуыр циндзинад ныххызти ныййарджыты зæрдæтæ,м. Фыдыбæстæйы хæсты размæ аз Аминæт æмæ Мы- сост иу райсом сæ чызджы горæтмæ æрвыстой ахуыр кæнынмæ, мад аивæй йаз чызджы зæрдыл æрлæууын кодта-, -йæ фыд Мысост кæй цæры" адæмы æхсæн æцæг лæджы кадимæ æмæ уы,й сæры кад кæддæриддæр хъуы- ды кæнын кæй х’ъæуы. Азау бамбæрста, мады ныхæстæ кæцырдæм уыдыс- ты, уый æмæ йын фидарæй загъта: —Тыхсгæ ма кæн, Æна, мæн тыххæй дæм маст ни- куы æрхаудзæн, никуы дæ фæкъæмдзæстыг «кæндзынæн. Дардæй æрбайхъуыст поезды уаст. Азау ныхъхъа^- быс.кодта йæ мады, апъа кодта йæ фыдæн дæр. Аминæты зæрдæ æрбауынгæг, цавæрдæр маст ын ахгæдта йæ хъуыр, фæлæ тыхæй баурæдта йæ цæссыгтæ. Рæстæг цыд. Фарн йæ рæсугъд базыртыл хаста цард- амонд æмæ сæ бонæй-бонмæ тынгдæр рæвдыдта. Хъо- мыл кодтой Аминæты æнахъом сабитæ. Сандыр рахаста йæ фыд Мысостау онгджын, цыма, сыгъдæг нуарæй конд у, афтæ зынди дардмæ. Азау та хайджын фæци йæ ныййарæг мады рæсугъддзинадæп. Чи йæ федта хистæртæй æмæ йыл-иу цæсты тутæ чи нæ бакодта, иу ахæм дæр нæ уыд. Пу, пу, цæстæй дын хай ма уæд, зæгъгæ-иу дзырдтой чысыл Азауæй, стæй-иу сæ ныхас аздæхтюй Аминæтмæ. .— Ахæм чызг дын хъомыл <кæны, ахæм æмæ дзы хур- тæ æмæ мæйтæ кæсы. Уогуртæ дын дæ дуæрттæ тыхæй дæр сæтдзысты. , — Уæдмæ уал сæ тъæнгтыл хæцæнт, æццæй, нана- йы хур? — йæ чызджы-иу æрбахъæбыс кодта Аминæт. Цас æнæкæрон циндзинад бахызти Аминæты зæр- дæйы, уый зын зæгъæн у, иугæр ын Азау æмæ Сандыр скъоламæ куы бащыдысты, уæд. Цард ыл ныссагъта уæлдай фидардæр базыртæ æмæ йын загъта: — Тæрсгæ ма- кæ, Аминæт: ныртæккæ цард дæу у, ноджы ныфсджыидæрæй цу размæ, ницæмæй батыхс- дзынæ. 109
Æмæ æцæгæй дæр Аминæт ныллæууыд колхозы мæргъты фермæйы мæргъгæс. Фермæ, зæгъгæ, райдиа- ны йæ куы байгом кодтой, уæд дзы уыдио æрмæстдæр 25 карчы. Фæлæ уый Аминæты нæ фæтæрсын кодта. Уый фидар дзырд радта йæхицæи йæ (фермæ номхæс- сæн куыд фæуа, афтæ йæ саразын. Фыццаг аз йæ кæрк- дон уыд колхозы разамынды тæккæ фарсмæ. Уæд колхозы сæрдарæй куыста, уæлæ ныртæккæ Фарны районы æххæстгæнæг комитеты сæрдарæй чи кусы, уыцы Радиты Дудар^Æхсараты Мысосты та ар- выстой ахуыр кæнынмæ. Тынг хæларзæрдæ адæймаг уыд Дудар. Иокуы-иу’ æм хицауадæй исчи фæзынд, зæгъгæ, уæд-иу æй сæхимæ æнæ бадавгæ нæ фæцис. Нал ныууагъта сæ хæдзары карк, хъаз, бабызы мыггаг. Уыдон куы фесты, уæд та фермæйы кæрчытæм дæр бав- нæлдта. Аминæт-иу кæд дзургæ иицы окодта, уæддæр-иу ын тынг хъыг уыдис, йæ кæрчытæй йын -кæй хардз код- той, уый, æнæуи дæр мæлæты бирæ куы нæ сты, зæгъгæ. Иу хатт-та йæм Дудар куыд барвыста иу лæппуйы, уа- зæг нæм ис æмæ иу карк рарвит, зæгъгæ, афтæ лæппу- йы уым фæуагъта, йæхæдæг кæрчыты дуарыл гуыдыр авæрдта æмæ уыцы иу раотæй Дудартæм бамидæг. Ду- дар афæрсынмæ хъавыд Аминæты, фæлæ уæдмæ йæхæ- дæг фæраздæр. — Мæнæ дын дæгъæл æрбахастон! — Цы’хабар у? — хъуыддаг нæм.а бамбаргæйæ, ба- фарста Дудар, — æнхъæл уыд, кæд æй исчи бафхæрдта, зæгъгæ. — Уый æмæ мæ хæдзары ис 35 карчы, колхозы. та ссæдз карчы йедтæмæ нæй, уæд уæхицæй та куыд не ’фсæрмы кæнут, гор?мæттæ, маргъдонæй карк рахæссын? Дудар исдуг цавддурау фæцис. Зæгъгæ, Аминæт иæ уыд, фæлæ æндæр исчи, уæд æй, чи зоны хылы бын фæкодтаид, фæлæ Аминæты раз та лæууыд ца^зддурау. Уьгй тыххæй æмæ хъæубæсты цæрджытæй никуы ничи фехъуыста тæккæ æгъдауджындæр сылгэймагæй иу зул ныхас, уыд йæ хорз хæлар Мысосты бинойнаг. — Бахатыр кæ, Аминæт, — æрæджиау загъта Ду- дар, — раст у дæ уайдзæф. \ Уайтагъддæр хъæуыл айхъуысти Аминæты ныхас. Зæгъгæ сын æй Дудар йæхæдæг кодта, æхсæнадон ис- 110
бон хъахъхъæнын хъæуы Аминæты хуызæн, зæгъгæ- Бирæты уырнгæ дæр нæ кодта, Аминæт афтæ къæйны- хæй сдзырдтаид сæрдары ныхмæ, уый. Уыцы хъуыддаг хорзы хосæн фæцис какд Дударæи нæ, фæлæ ма уый фæстæ сæрдартæн дæр, нал æрвыстой мæргъдонмæ маргъмæ. Мæргътыл азæй-авмæ æфтгæ <цы кодта, уый йедтæмæ къаддæр нал кодтой. Иу уалдзæг та сын Ами- нæт сæ бынат аивын кодта хъæуы бынмæ. Мæргъдоны рæзты згъордта; хохаг уазал дон. Иæ фæстæ та дардыл ныззылдысты колхозон хъугæмттæ. 2 Азауы йё ’мбал чызджытæ балц кодтой æфсæн фæндаджы станцæйы онг. Азауимæ ма ацы бон хъуа- мæ ахуырмæ ацæуой Сырхауты Хæсанæ æмæ Алыбег. Чызджытæ цыдысты хъæлдзæгæй, хъæрæй ныхасгæнгæ. Алыбег уæдæй нырмæ дæр, цыма, сындзытыл бадти, уыйау йæхицæн бынат нал ардта’ сæхимæ. Ныр Ааауы куы федта уынджы, уæд йæ фæндаггон хызын йе ’ккой баппæрста! æмæ йæ мадæн хæрзбон дæр нал загъта, аф- тæмæй рацæйтахт уынгмæ. — Мæ къонайыл, хæрзбон^дæр мын нал зæгъыс, — бауайдзæф ын кодта^ Комиан. Алыбег фæлæууыд æмæ йæ мады ахъæбыс кодта. — Фæндараст, мæ къона, лæгты дзуар дæ хорздзи- нæдтыл ардауæд. — Тæрсгæ ’ма’ кæн, Æна, æнæ Уастырджи дæр кæд исты бакæниккам. — Сæрхъæн ныхæстæ ма кæ, мæ къона! Фæлæ-ну фæндагыл де ’мбæлщимæ уæ цæст кæрæдзимæ дарут, мацы уæ фесæфæд. Поезды дæр-иу дзæгъæлы ратæх- батæх ма кæнут, уый аив нæу. — Хюрз, хорз, Æна, æппæт дæр.уыдзæн, куыд мын фæдзæхсыс, афтæ, — йæ мады ныхас фескъуыдта Алы- бег æмæ уынгмæ рахызт Азæитæм. Алыбеджы фæдыл уынгмæ рацыд Комиан дæр. Бæлццæттæ æрлæууыдысты Сырхауты Арысханы хæдзары раз. Дзæка сæм ращыд æнкъардæй. Азау æмæ Алы’беджы куы ауыдта бæлццон арæзтæй, уæд ын ца- 111
вæрдæр æнкъард хъуыды йæ зæрдæ фелхыскъ кодта. Æвæццæгæн, фыццаг хатт батæхуды кодт.а! Алыбегмæ. Уый цыдис Азауимæ горæтмæ ахуыр кæнынмæ. Дзæка бакодта уæрæх кæрты дуар. Хæсанæ, бæхуæрдоны бад- гæйæ, рахьизт уынгмæ. Уæрдоны гуыффæйы йæ быны хос æвæрд, уыдоныл та— гобæттæ, афтæмæй хуыссыд фæлурс цæсгомимæ Арысхан. Уынджы адæм хорзау нал фесты. Цæвиттон, фæстаг æртæ боны куыддæр ныууæз- зау сты йæ уæнгтæ, ^къуырма дыз-дыз ын кодтой. Фæлаг уыйбæрц ницæмæй тыхста, ^кæд дохтыртæм дæр нæ ба- цыд, уæддæр. Æрмæст знон изæрæй æрхуыссыди. Æм- бисæхсæвтæм æввахс тынг тыхсын райдыдта’: нал ын æгъгъæд кодта улæфт. Бинонтæ фæтарстысты, бонмæ цæр нал ахæсдзæн, зæгъгæ. Уыцы æнафоны Дзæка ацыд Хæсанæимæ дохтыр Ясоыы хæдзармæ. Бамбарып ын кодта, йæ рынчын æгæр кæй тыхсы, кæй йын фæтарст. уымæй æмæ дæ æнафоны дæр уымæ гæсгæ бахъыгдард- юн, зæгъгæ. Ясон куыддæр тыхст рынчыны хабар фехъуыста, афтæ йæхи арæвдз кодта, йе ’фцæгыл баппæрста дох- ;ыры хызын æмæ фæцæуæг мад æмæ фырты фæстæ. Ясон цыд æрдæг фынæйау. Афтæ цæугæ йæ боны- гон исчи федта, уæд æй раоыг фенхъæлдтаид. Доны ’рдыгæй æрбацыд рог уддзæф, базмæльш кодта бæлæс- ты сыфтæртæ, баризæгау ^кодта Ясоны æрдæгфынæй буар æмæ фестъæлфыд, алыгъд йæ хуыссæг. Ахаста æрдзыл йæ цæст. Уыд дисааджы рæсугъд æхсæв. Мæй- рухсмæ æрттывтой цъитиджын хæхты цъуппытæ. Цыма сыл арвы кæрæттæ æрынцадысты, афтæ зындысты дард- мæ. Ясоны. зæрдыл æрлæууыдысты йæ лæппуйы бонтæ, ахæм рæсугъд æхсæвты-иу, æдзардæй мæрдтæм чи ба- цыд, уыцы Олгъаимæ, цы амондджын рæстæг æрвыста. Олгъайы фæстæ никæй уал бауарзта. Цæры иунæгæй. Дзæка æнхъæлмæ каст, зæгъгæ, цалынмæ рынчын- мæ хæццæ кæной, уæдмæ Ясон истытæ дзурдзæн. Фæлæ Ясон ницы дзырдта, цыма йæ дзыхы дон уыдис, уыйау цыд Дзæка æмæ Хæсанæйы фæстæ, гобийæ. Дзæка æн- хъæл уыд, зæгъгæ, йæ æнафоны кæй райхъал кодтам, æвæццæгæн, ын уыцы хъуыддаг хъыг уыди, æндæр куы ницы дзуры. Æмæ дзы ногæй хатыр курынмæ рахъавыд, 112
фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, аив æм нæ .фæкаст йæ хъуы- ды. Цал хатты æмбæлы хатыр курын дæр, рынчын куы феыа, уæддæр та йын зæгъын хъæудзæн: «Бахатыр кæ, æнафоны дæ бахъыгдардтон». Æндæр сагъæсты аныгъуылд Хæсанæ. Уый сом рай- сомæй хъуамæ ацыдаид горæтмæ ахуыр кæнынмæ, фæ- лæ ныр ныкъуылымпы уыдзæн. — Ау, куыд хъуамæ пыууадзон мæ фыды афтæ тыхст рынчыиæй, — хъуыды кодта Хæсанæ. — Нæ, уый гæнæн нæй. Афтæ æнафоны æртæ адæймаджы цыдысты иу фæн- дагыл, алыгъуызон сагъæстæ кæнгæ. Арысхан уыд тыхст рыычын. Ясон æй бирæ фæрас- гар-басгар кодта. Цавæрдæр хостæ йын бадардта, стæй йæ хостæй сæрдгæ дæр бакодта æмæ йæ хъарм бам- бæрзта. Рынчын уайтагъддæр афынæй. Ясон бавнæлдта рынчыны къухмæ, федта йын йæ тугдадзины куыст. Бæ- рæг уыд, ’кæй фæрогдæр ис рынчыны зæрдæйы куыст, кæй иал кæны тыхулæфт. Сахатæй фылдæр ма абадт Ясоп рынчыны фарсмæ, стæй та йын федта погæй йæ тугдадзины куыст. — Афтæ,—сдзырдта, йæхиимæ дзурæгау, Ясон,—ныр ын фенцондæр уыдзæн, — æмæ сыстад. Цавæрдæр хостæ стъолыл æрывæрдта æмæ загъта Дзæкайæн: — мæ сæр дзы ницæмæн уал хъæуы, фæлæ куы райхъал уа, уæд ын мæнæ ацы хостæ баназын кæнут, стæй ма чысыл цæуылдæр ахъуыды кодта æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта: — Рынчыны æвæстиатæй ласын хъæуы Сондон- джынмæ. Хъæрмæдонмæ дæр хорз уаид, фæлæ Сондок- джын ком стæгнизæн æвзæр санатори нæу. Уымæй у хæрз æввахс. Стæгниз ыл стыхджын ис æмæ йын улæфт дæр уымæи не ’гъгъæд кæны. 3 Ацы раисом, Азау æмæ Алыбег горæтмæ куы цы- дысты ахуыр .кæнынмæ, уæд, Хæоанæ та ласта Арысхаь ны Сондонджыны санаторимæ. Куыддæр уынгмæ рахызт уæрдон рынчынимæ, аф- тæ йыл адæм амбырд сты. Бирæтæ дзы Дзæкайы фæр- 8* 113
сынтыл схæцыдысты рынчыны тыххæй- Æнкъард цæсты- тæй каст рынчынмæ Аза^у дæр. Иу хатт та йæ сæрыл бæрзонддæр куы схæцыд, уæд йæ цæстытæ аныдзæвтыс- ты Хæсанæйы æнгасыл æмæ чызг, цикъæйау, афæлурс. Хæсанæ ауыдта, чызг йæ цæсгом куыд фæивта, уый æмæ бамбæрста:, тынг кæй риссы Азауы зæрдæ Арысха- ныл. Уы,цы хъуыды ноджы арфдæр æрæвæрдта Азауы Хæсанæйы зæрдæйы. Чысыл фæстæдæр Азау йе ’мбæлтгимæ араст, æф- сæнвæндаджы станцæйы ’рдæм, Хæсанæ та—Сондон- джын комы ’рдæм. Хæсанæ баззад сæхимæ хъæуы. Дьжкаг аз куы ра- лæууыд, уæд Дзæка загъта йæ фыртæн, цæмæй ацыда- ид горæтмæ, ^балхæдтаид йæхицæн дæр, стæй Ирæйæн дæр кастюмтæ, къахыдарæс æмæ федтаид, хъæубæсты фæсивæдæй горæты чи ахуыр кæны, уыдон. Дзæка, кæд комкоммæ нæ загъта йæ фыргæн, кæй нын уынын кæны, уый, уæддæр æй Хæсанæ бамбæрста, ныхас Азауыл кæй цæуы. Исдуг фенкъарди, цыма дзы Азау нырмæ рох уы- дис, æмæ йын æй ныр йæ зæрдыл æрлæууын кодтой, уыйау. Уæвгæ та Азауы сагъæс Хæсанæйы зæрдæйæ иу- нæг минут дæр цух нæ кодта, æдзухдæр уыди йемæ. Фæстаг хатт фарон фембæлдысты, фæлæ уæдæй нырмæ Хæсанæмæ ахуыры аз æгæр даргъ кæсын байдыдта. Хæсанæ æнхъæл уыд, зæгъгæ, ацы аз сæрды дыууæ мæ- йы каникулты рæстæг Азау уыдзæн сæхимæ æмæ йæ кæд фенид, уаид ын амал йемæ аныхас кæньшмæ. Фæ- лæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Азау-уыдюс ахуыры раз- загдæр студеншæтæй сæ иу, уымæ гæсгæ йæ институтьг профком æнæхъæн мæй лæвар арвыста; Цъæйы фæллад уадзæн хæдзармаё;. Цъæймæ цæугæйæ, аёртæбоны афæс- тиат сæхимæ. Азауы ’мадæн цины цæссыгтæ фæзыпд йæ рустыл. йæ чызг æм фæкаст тынг цола, йæ кæддæры сырхуадул чызг бирæ фæфæлурсдæр ис. Гуыры копдæй фелвæстдæр, асæй фæбæрзонддæр. Фæлæ мад бафип- паидта, цыма йæ чызг кæй фæивта, уымæй бирæ фæрæ- сугъддæр ис. Æртæ боны дæргъы хæдзары æфснайыны куыстытæ кодта Азау. Фæндыдис æй Хæсанæйы фенын» фаёлæ кæм. Хæсаназ куыста йæ бригадимæ быдыры æх- 114
сæвæттæйы, хъæумæ цæугæ дæр нал ракодта. Дыккаг бон изæрæй Хæсанæ фехъуыста донласæг Дзибылæй, Азау горæтæй кæй æрцыд, уыцы хабар. Ракодта йын Алы- беджы кой дæр: «Профессоры хуызæн йæхи сарæзта, цыма ахуырмæ нæ, фæлæ фæллой кæнынмæ ацыд, аф- тæ у. Тарбын зынаргъ кастюм, «бæстон» цыдæр æй хуыдта, урс цыллæ хæдоны, бур туфлиты, сæры рахиз фарсыл хосы мæкъуылы хуызæн худ конд, йæ чуппы фылдæр хай æддæмæ зыны, æм’бæрзы йын йæ ных, афтæ- мæй сæ уынгæп мидæмæ цæугæ дæр нал кæны». Хæсанæйы тынг фæндыдис Азауы фенын. Йæ уа- дултыл йæ къухтæ æруагъта æмæ фыццаг хатт бафип- пайдта йæ къухтæ кæй фæдæрзæгдæр сты, уый. «Хи адасын хъæуы», — ахъуыды кодта Хæсанæ æмæ кæсæ- ны раз æрлæууыд. Стаиы уаты къулыл ауыгъд кæсæн- мæ. бакаст æмæ кæд уыйбæрц дасинаг нæма уыд, уæд- дæр сфæнд кодта йæхи адасын. Раиста сæрдасæн æмæ йæ сынтæджы къолпыл фадаргонд фæтæн мæскъ гæр- зыл адаудта, цыргъ сæрдасæнæй йæхи уыцы иу даст скодта хæрдмæ. Æрдæг сахаты фæстæ, булчъы хуызæн дастæй, араст ауæзтмæ. Хæсанæ алы изæр дæр, фæскуыст цыдис ауæзтмæ йæхи найынмæ. Лепк кæньпшæ кæеагæй уæлдай нæ уы- ди1. Ауæзты рахизырдыгæй фарс бæрзонд йæхи систа рæсугъд гауызгъуыз хурсыгъд нæуу. Колхозонтæй бирæ- тæ кæд алы изæр сæхи нæ надтой, уæддæр цыдысты ауæзтмæ Хæсанæмæ кæсынмæ." Хæсанæ-иу, ауæзтмæ æр- бацæугæйæ, цырд феппæрста йæ дзаумæттæ æмæ-иу цыбыр хæлафы уыцы иу тахтæй смидæг ауæзты малы. Иу дыууæ хатты-иу дзы аленк кодта, стæй рахызтаид нæумæ, райдыдтаид алыгъуызон физкультурэн номер- тæ æвдисып. Цыдис йæ .къухтыл. Дардæй-иу разгъордта, къухтæ-иу зæхмæ фæцарæзта æмæ уыцы иу æхст йæхи фæкæнгæйæ уæлдæфы зиллаг ацарæзта, алæууыдаэд по- гæй йæ къæхтыл. Кæнæ дардæй разгъордтаид æмæ ауæз- ты былыл йæ къæхтæ авæргæйæ, йæхи, пуртийау, фехс- таид, тымбыл зилла^к-иу ацарæзта уæлдæфы æмæ-иу тьшбылæгæй аныгъуылд доны тæюкæ гуылфæны, исдуг æрбайсæфтаид доны, стæй-иу малы иннæ фярсæй куы 115
сгæпп кодта, уæд-иу бахудтысты адæм. Дис ыл кодтой, куыд цæрдæг у, куыд арæхстджьш у. Ацы изæр бирæтæ æнхъæл уыдысты, Азауы æрцыды хабар фехъусгæйæ, Хæсанæ ауæзты бæсты ацæудзæн комкоммæ хъæумæ, фæлæ чидæртæ ^куыд æнхъæл уы- дысты, афтæ нæ рауад хъуыддаг. Хæсанæ куысты фæс- тæ ацыд ауæзтмæ æмæ иннæ хæттытæй ноджы фылдæр æмæ зæрдиагдæрæй фæленк кодта доны, фæхъазыди ■нæууыл. Аивта йæ фæнд, нал ацыд хъæумæ. «Афтæ хуыздæр уыдзæн», ахъуыды кодта Хæса- яæ, кæд æй тынг зæрдиагæй фæндыди’ Азауы фенып, уæддæр.«Æвæццæгæн æй мæ фенын нæ фæнды, æндæра мын хъусын кодтаид». Афтæ алыгъуызон сагъæстæ, доны улæчтау, йæ сæры кæрæдзииы ивтой, зилдухгæнгæ. 4 Азау дыууæ боны дæргъы æнхъæлмæ каст Хæсанæ- йы фæзындмæ. Фыццаг .изæрау та дыккаг изæр дæр хъæумæ фæзындысты бирæ колхозонтæ. Азау кæртмæ йæхи райста. Колхозонтæ йыл бацин кодтэй. йе 'м,ка- рæн чызджытæ йæм тагъд-тагъд лæвæрдтой алыгъуызоп фарстатæ æмæ сын уый дæр дзуапп лæвæрдта. Æрмæст Хæсанæ никуыцæй зынд. «Ау, уый та куыд? Хæсанæ ме ’рцыды хабар фехъуса æмæ мæм ма ссæуа? Æмæ йæ кæд нæ фехъуыста, уæд та?» Афтæ быцæу кодтой Азауы сæрьГалыгъуызонхъуы- дытæ. Æхсæвæрмæ дæр нал фæлæууыд, йæ мадæн сæф- сон кодта, мæ сæр риссы, зæгьгæ, æмæ ацыд йæ уатма\ ссыгъта цырагъ. Диваныл йæхи æруадзгæйæ, тæнæг хъæццулæй йæхи æрæмбæрзта. Стъолæй райста бæз- джын журнал. Мыхуыргонд дзы уыд Каверины ромач «Дыууæ капитаны» æмæ йæ -каст дарддæр. Фæлæ сæрмæ ницы хызт чиныгæй. Цæстыты раз февзæрд чиныджы сæйраг герой Саша. Уый стыр -уарзондзинад йæ къайаг Тосямæ. Цæгаттаг уазалтæ, кæм-иу сыстад, зилдухгæн- гæ, мит тымыгъ æмæ-иу кæм хаста йæхицæй æдыхдæрæн харз мæлæт йæ уæлныхтыл, уым Саша нæ тарсти йæ удæн, йæ тыхджын уарзондзинад æй скъæфта размæ, агуырдта хæдтæхæгыл йæ зынаргъ Тосяйы. Уазал цæгат- 116
таг хъæуты æмæ ’йæ цалынмæ ссардта, уæдмæ йæ цард йæхицæн адджын не окодта. Исдуг тынг батæхуды код-. та Тосямæ. Чиныджы геройы раивтой æндæр хъуыдыгæ. йæ цæстытыл ауад Хæсанæ. — Ау, æз ам кæй дæн, уый нæ фехъуыстай, æви дæ мæ фенын нæ фæнды? Æмæ уæд цæуылнæ? Æгæр бирæ дæ кæй уарзын, уьгй тыххæй, æви мыл дæхи цæмæн атигъ кодтай? Æви мæнæн цардау адджын цы рæстæг у, уый дæумæ зынаргъ нæ кæсы? — æмæ йæ цæстытыл ауадысты йе скъолайы бонтæ... Хæсанæимæ кæрæдзийыл куыд æнувыд уыдысты, æнæнхъæлæджы-иу куы фембæл- дысты, уæд-иу сыл, цыма хур ракаст, уыйау-иу сæ цæст- æнгас кæрæдзийыл ’андæгъди. Дзургæ-иу кæд ницы скод- той исдуг рæстæг, уæддæр хорз æмбæрстой кæрæдз;ийы. Ахæм минуттæ уæлдай зынаргъдæр вæнйынц æнæдзур- гæйæ. Зæрдæйы рæсугъд сусæг фæндтæн хъæр ныхас æхсызгон нæ вæййы. Æмæ-иу, зæгъгæ, кæрæдзийæ æф- сæрмы нæ кодтой, уæд-иу сæ ’кæрæдзимæ æнæсцу- хæй кастаиккой, фæлæ кæсынæй ни^куы бафсæстаиккой- Хæсанæйыл сагъæсгæнгæйæ, Азауы зæрдæмæ ба- хызт цавæрдæр сусæг циндзинад, Азауы мад дуар са- быргай бакæнынмæ хъавыд, фæлæ йыл куы бахæцыд, уæд сæртæг хъыррыст фæкодта. Азау фестъæлфыд æмæ æрбатары сты йæ зæрдæйы адджын хъуыдытæ. Ракасти йæ мады ’рдæм. — Нæма бафынæй дæ? — сабыргай бафарста Ами- пæт йæ чызджы. — Нæма, — цыбыр дзуапп радта чызг. — Дæ сæр куы р[иссы, мæ къона, уæд дæхи цæуыл æфхæрыс, æви дын горæты æгъгъæд нæ уыдис чин- гуытыл дæ хъару сæдтыимæ? Бакæс-ма дæхимæ, цы хуызæн сдæ, хуызы мур дæ куынæуал <ис. — Æна, мæнæ ма* иу чыоыл мæ цуры абад! ЭДад æрбадт диваны кæрон. Азау йæ сæр æруагъта мады хъæбысы. Мад йæ фæлмæч къухтæ сабыргай æр- хаста йæ чызджы дзыккутыл, асгæрста йын йæ ных дæр, фæлæ тæвд нæ уыд. — Дæ сæр нал риссы? — афарста мад йæ чызджы. — Нал! — мадмæ окæсгæйæ, загъта чызг. — Æна, æгæр смæллæг дæн, зæгъыс? 117
— Æгæр, æгæр, дæ нывонд фæуон, дæ фыды зæрдæ дæр дыл тынг риссы. Фæлæ дæ фæллад куы суадзай, уæд дæ джиппы абаддзынæ. Демæ дын нывæрдзынæн мыд, царв, æйчытæ. Иу чысыл нæм æхца дæр ис. — Æхцайæ цы зæгъыс, уый зæгъ, æндæр цы ’кæнын мыд æмæ царвæй, исты дын мыййаг рæуджыты низæй куы нæ сæйын. — Сæигæ знаг кæнæд, фæлæ царв æмæ мыд алы адæймагæн дæр хос сты, нæ дын разиан кæндзысты. — Хорз,.хорз, — сразы Азау мадимæ, — фæлæ мæ æхца дæр ныртæккæ нæ хъæуы. Фæстæмæ горæтмæ куы цæуон, уæд. Мæ туфлитæ нал бæззынц æмæ... — Туфлитыл ма тыхс, дæ нывонд фæуон. * Къахы дарæс æмæ дын палтойæн æхца х^цæнæй нывæрдта да^ фыд, дæу карæн чызджытæн, дам, æнæуи дæр цауд да- рæсы цæуын нал æмбæлы æмæ раст зæгъы. — Цæуылнæ уæд?—хынцфарст акодта Азау пæ мады кæд ын йæ ныхасы сусæг хъуыды хорз æм’бæрста, уæд- дæр. — Ахæм дарæс цæсты нæ ахады, нæ, дæ нывоид фæ- уон, — фергомдæр кодта йæ хъуыды Аминæт. — Ох, Дзыццайы ныхæстæ та ма райдай. Адæйма- гæн дарæсмæ гæсгæ аргъ кæнынц æрмæстдæр æдылы- тæ, стæп ницыфенæг адæм. Зондджынтæ йын йæ сæрмæ фæкæсынц. Фæлæ æз ныртæккæ цы фæндагыл лæуд дæи, уым адæймаджы хъæуы æрмæстдæр бирæ хорз чингуытæ бакæсын æмæ бирæ зонындзинæдтæ райсын, дарæстæ та кæдæм аирвæздзысты. — Цæмæн афтæ зæгъыс, дæ нывонд фæуон. Алыбег дæр демæ.куы ахуыр кæны æмæ ма йæм бакæс, уæл- дап бæрæгдæр нæ дары йе ’мгæртты ’хсæн. Чи йæм па* бахæлæг кæндзæн? — Мæпæ йæ мæ хуызæн хорз чи зопа, уыдонæй йæм ничи бахæлæг кæндзæн. Ног æмæ зынаргъ дарæсыл йæ уд хъары, фæлæ чингуытæй зæрдæцъæх кæны, Æна! Æвзæр ахуыр кæны, тыххæйты æййафы йе ’мгæртты. Кино æмæ театрæй та иу дæр ’æнæфенгæ пикуы^ауагъ- та. Цæй, Алыбег йе скойы аргъ дæр нæу æмæ пыл цы дзурæм. ,Азау зæгъынмæ хъавыдис, зæгъгæ, фæлтау æндæр искæйы тыххæй апыхас кæнæм, фæлæ кæй тыххæй дзу- 118
рынмæ хъавыд йæ мадимæ, ууыл бæлвырдæй куы ахъуыды кодта, уæд æм куыддæр аив нæ фæкаст йæ хъуыды æмæ, цыма, йæ хъуыры исты фæбадт, уыпау ницыуал сдзырдта. Исдуг æнæдзургæйæ аззад мад дæр. — Æна, æнафон у ныр æмæ дæ фæллад суадз. Мад уæлдай ницы уал загъта йæ чызджы фæндоны ныхмæ. Афтæ йæ бамбæрста, цыма Азауы йæ фæллад суадзьш фæнды æмæ ма ,йæ цæугæчцæуын афарста: — Хæргæ ницы акæндзынæ, уæд дын исты радавон? — Ницы, Æна, баулæф. Уьш адыл мад ращыд æмæ уаты дуар рахгæдта. Азау баззад иунæгæй. Ногæй та йæ сæры зилдух код- топ алыгъуызон -хъуыдытæ. «Цæуылнæ фæзынд Хæса- нæ, æмæ йын кæд ничи загъта, уæд та? Ау, уый та куыд? Куыд ничи йын загътаид?» Енрæ хабæрттæ æр- балæууыд йæ зæрдыл колхозон цардæй. Сæрды-иу ка- ни’култы рæстæджы колхозы быдырты куы куьгста, уæд- иу тынг хорз кæй зыдтой хъæуы хабæрттæ иууылдæр. Æхсæвиуат кæнынмæ-иу быдырæй хъæумæ чи фæ- зынд, уый-иу ныххаста ног хабæрттæ. «Мæ хæс у, горæтæй кæй æрцыдтæн, уый йын фе- хъусын кæнын. Æрмæст куыдæй, чи йын зæгъдзæн?» — иугай-дыгай нымадта, колхозы куыстмæ чи цыди, уьщы сыхаг чызджыты, фæлæ сæ йæ зæрдæйы сусæг фæнд искæмæн схъæр кæна, уый йæ нæ фæндыд. Фæстагмæ ныллæууыд Хæсанæйы хо Ирæйыл. Уымæн йæ сæрды каникулты рæстæджы бахæс кодтой колхозы культурон куыст. «Быдырмæ пиомотæ уый фæхæссы уæддæр æмæ Хæсанæйæн фехъусын хъæуы». — Сыстад, æрбадт стъо- лы фарсмæ æмæ стъолыл æвæрд блокпот йæхимæ æр- баввахс кодта, райдыдта йыл фыссын: «Хæсанæ! Æз фæзындтæн горæтæй æмæ мæ фæнды дæ фенын. Азау». Хорз æм нæ фæкаст пæ хъуыды. — Ахæм ныхæстæ, къæйных чызджы йедтæмæ, уæздап, хиуылхæцгæ адæй- маг нæ ныффысдзæн. Хъуамæ адæимаг йæхи барвæндæп магсæйы цæсты æфтауа, — ахъуыды кодта нæхинымæр æмæ ахахх кодта йæ фыстытæ. Рафæлдæхта ног сыф æмæ та йыл райдыдта фыссын: «Хæсанæ! Айфыщцаг го- рæты куы уыдтæ, уæд, дам, мæ тыпг зæрдиагæй агуырд тай, зæгъгæ, мын дзырдтой ме ’мгæрттæ, фæлæ нæ 119
фембæлдыстæм. Ныр кæд. дæ фадат амоны, уæд мæм писмо ныф(фысс бæлвырд хабæрттимæ». Азау бакаст, цы ныффыста, уый æмæ пæм йæ зæрдæ сдзырдта* йе- ныр хорз уыдзæн, зæгъгæ, æмæ ма писмойы кæрон ба- фыста: «А». — Гъеныр мæ къухфыст куы бакæса, уæд кæд йæ зæрдæ нæ аивта, уæд мæм зындзæн æнæмæнг дæр. — Гæххæтты сыф фæхидæн кодта блокнотæй æмæ йæ. уæз- дан цыштар дыдагъы бакæнгæйæ, нывæрдта конвертьк Баныхæста конверт, стæй йыл æттейæ рæсугъд дамгъæ- тæй ныффыста: Колхоз «Уæлахизы» фæскомцæдисан бригады бригадир Сырхауты Хæсанæмæ». 5 Хæдзары хуссарварс стыр тута бæласы бынмæ Азау рахаста бандон æмæ йыл æрбадт. Тута бæлас уыд тынг зад æмæ-иу йæ рæгъæд ставд гагатæй зæхмæ чи ’рхауд, уый-иу^фæтъæпæн. Азау аныгъуылд арф хъуыдыты. Уарзондзинады сагъæстæ йæ æнцой нæ уагътой. Ногæй та йæхи афарста: «Цæуылнæ фæзынд Хæоанæ?» Уый бæлвырд нæ базонгэайæ, куы ацæуа Цъæймæ, уæд йæ фæлладуадзæн бонтæ йæ фарсыл нæ бахæцдзысты. Диссаг æм фæкаст Ирæимæ фембæлд дæр, цыма æцæг сæ чындз у, йемæ, хъазгæ ’мхасæн, ахæм ныхас кодта. «Цæй-ма, нæ дæстытæ нын куы ныуурс кодтай, лæппу цæрдудæй куы батади, уæд цы ми кæныс?» Ирæмæ хъусгæйæ, Азауыл йæ бæллицаг фæндтæ ныссагътой амонды базыртæ æмæ йæ бæрзонд гистой, фæлæ йæ сусæг циндзииад не ’вдыста æттæмæ. Иу рæсугъд цъиу абадт тута бæласыл, цыма истæ- мæй тарст, уыйау фæйнæрдæм акасти. Æдас ран кæй ис, уый куы базыдта, уæд йæ лыстæг къубал сивазæ- гау кодта æмæ, рæсугъд мыртæ æвзарæгау, цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд. Азау скасти бæласмæ, федта чы- сыл цъиуы. Цъиу æй йæхæдæг дæр федта, фæлæ атæ- хын фæнд нæ кодта. Уый нæ, фæлæ афтæ зæрдиагæй зарыд, афтæ æмæ йæ чысыл буар4 æ-мæзмæлд л<одта иу- уылдæр. Азау фезмæлын дæр нал уæндыд, мыййаг цъиу куы фæтæрса, зæгъгæ, пæхи æнæхай куы фаакæ- на уыды диссаджы зарæгæй. Цас дарддæр кодта йæ зарæг рæсугъд маргъ, уььпас зарæджы зæлтæ зæлланг- 120
дæрæй уадысты Азауы хъустыл. Æвиппайды фес- хъуыд зарæг. Тарст цъиах-цъиах скодта. Уæллаг къа- бузæй æртахт бæласы хуылфмæ æмæ ныллæгдæр ран æрбадт. Азау <бамбæрста, маргъ цæмæйдæр кæй фæ- тарст, уый. Уалынмæ æр’байхъуыст, бæрзонд кæрдо бæ- ласыл абадæг, сау халоны дæрзæг хъуахъхъ. Азауæн кæд маргъы æхцон зарæг фæсырдта йе ’нкъард зæрдæйы уаг, уæд ын æнæхаиры халоны дæрзæг хъуахъхъ та сриссын кодта йæ зæрдæ. Азауы зæрдыл æрбалæууыдысты, кæддæр сын Сан- дыримæ Аминæт цы бирæ зæрдæрыст хабæрттæ дзырд- та, уыдон. Мысосты мæлæтдзаг цæфæй ссарыны размæ мады зæрдæ къуырма рыст кæй кодта. Æнафоны сæм халон кæй æрбауасыд. Халоны уаст, та, дам, стыр фыд- былыз хæссы. Аминæт хорзыл нæ нымадта, адæймаджы фæндаг гæды куы алыг кæны, уæд уыцы хабар дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, Азау уæд нæ баууæндыд мады ныхæстыл, ницæмæ сæ дардта, фæлæ сыл ныр ахъуыды кодта. Афтæ йæм ка,стА цыма, йæ цард у диссаджы маргъы за- рæджы хуызæн. Хъæлдзæг, райдзаст.. Æмæ нæу? — афарста йæхи. — Бæгуы дæр у, — дзуапп радта йæхи- цæн. — Ахуыр кæны паддзахадон институты. Фæлæ та халоны уаст йæ зæрдыл куы æрлæууыд, уæд <батыхсæгау кодта. —■ Ай-ай, æвæццæгæн, мастмæ цæуы, нал мæ уарзы Хæоанæ. Ау? — æмæ цыма ныр- тæккæ йæ рæзты сау гæды балыгъд, афтæ фестъæлфыд. Стæй бахудт йæ мидбылты, цавæрдæр мæнг ныхæстыл рæстæгмæ кæй баууæндыд, уымæй фефсæрмы. «Æз цы Хæсанæйы зонын, уый мæн никуы ферох кæндзæн». — Ногæй та йæ цæсгом барухс, цыма йын уыцы пыхæс- тæ Хæсанæ кодта, афтæ йæм фæкаст. — Æнæмæнгдæр М’æ писмо куы райса? уæд æй ар- дæм хъæуы, — ахъуыды 1кодта Азау, — фæлæ йыл куыдæй хъуамæ фембæлон? Цы йын зæгъдзынæн æп- пæты фьщцагдæр. Лæппу, дам, цæрдудæй батад, — йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Ирæйы ныхæстæ. «Цæмæн зоны уьщы лæппу æмæ йыл а-чызг дæр цæрццутæ кæй кæны». Азауы хъуыдытæ фескъуыдта машинæиы уасын æмæ цæлхыты хъæр. Цымырз баурæдта дзаг машинæ 121
Аминæты хæдзары раз. Аминæт рахызт машинæйæ æмæ хæдзармæ цырд фæцæйцыд. Фæлæ Азауы бæласы бын бадгæ куы ауыдта, уæд æм сдзырдта: — Рæвдз, мæ хур, дæ дзаумæттæ афснай, — дæлæ колхозы машинæ Цъæйы фæлладуадзæн хæдзармæ хал- сæрттæ ласы æмæ дæ бахæццæ кæндзæн. Азауы кæд нæ фæндыд, æнæ Хæсанæйы фенгæ, ацæ- уын, уæддæр цы ’фсон ссардтаид, уый йын нæ уыд æмæ æвæндонæй сыстад йæ бынатæй. Мад, чи зоны, æвдæ- лон рæстæг бафиппайдтаид йæ чызджы æвæндондзинад, фæлæ ныр колхозы халсæртты тæккæ æфснайын афон, йæ хъус уымæ не ’рдардта. Тагъд хъуамæ афæндараст кæна йæ чызджы æмæ фæстæмæ азгъора цæхæра- дæттæм. Фермæйы кæрчытæ та ныууагъта йе Чпкусæ- джы бæрны- 6 Колхоз «Уæлахизы» машинæ згъордта Уæлладжыры комы нарæг фæндагыл мидæмæ. Шофыр Цымырзы фарсмæ кабинæйы бадт Азау. Хæсанæимæ йын фембæ- лыны фадат кæ& нæ фæцис, уый та йын йæ зæрдыл æрбалæууын кодта халоны хъуахъхъ. «Цы хъуамæ ахъуыды кæна ныр Хæсанæ, писмо куы айса, хъæуы мæ куы нæ уал сæййафа, уæд?» — зилдух кодтой Азауы сæры ахæм хъуыдытæ. Тæмисчъы сондоны тæф ныццавта фындзы хуын- чъытæ. Азау хæхтыл йæ цæст ахаста. Рæсугъд у, тынг рæсугъд нæ хохбæстæ. Урс цъити хæхты их айнæг фæрстæ сæууон хуры тынтæп тыбар-тыбур кодтой. Хæхты цъуппытæ сныхстысты æврæгъты. Рæгъты цъæх гауызты, денджызы улæнтау, змæлын кæны хæххон уд- дзæф. Сæрвæттыл, урс дурты цæндтау, фæпырх сты кол- ■хозон фосы дзугтæ. Рындзыл сæ размæ, хæххон цæргæ- сау, бæрзонд дурыл æрбадт йæ уæйлаг пымæты колхо- зон фиййау. Р1æ уадындзы аив мыртæ иу кодтой уын- гæг комы æрра доны зарæгимæ. Нарæг комы дыууæ фарс алыгъуызон къæдзæхтæ зындысты, фыры сытау, уырыпгтæ-уырынгтæй. Фæстейæ аззадысты Уыналы хъæу... Мызур... Га- ^иуырдыгæй та номдзыд Садон. Маш-инæ схæрд кодта 122
Цъæйы ’рдæм. Дардмæ, чындздзон чызгау, аив æма? рæсугъдæй зындысты Цъæйы нæзы бæлæстæ. Сæ ад- джып тæф стыр æхсызгон уыд зæрдæйæн. Уæлæ комы галиу фарс къæдзæхыл æнгом бандæгъдысты æмæ афтæмæй зынынщ, цъиуы ахстæттау, чысыл, фæлæ рæ- сугъд хæххон хæдзæрттæ. Иар. Амæлæн дын ма уа, хæхбæсты фидыц Нар. Ацы чысыл хъæуы райтуырдис Иры æфхæрд адæмы ном- дзыд сæрхъуызой Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста... Цымырз æрурæдта йæ машинæ Цъæйы фæлладуа- дзæн хæдзары раз. 7 Хæсанæйы бригады зæхх быдыры с^анмæ уыдис дард. Куыстафон рæстæг зынаргъ у.. Уымæ гæсгæ сын аходæн æмæ сихор ластой быдырмæ. Æхсæвиуат йедтæ- мæ бон нал цыдысты станмæ. Чысыл халагъудтæ са- рæзтой сæ зæххы кæрон æмæ сихоры улæфт кодтой уым. Ирæ куы базыдта, Хæсанæ станмæ не ’рбацыд, зæгътæ, уæд ын йæ базы бын писмо нывæрдта. Изæрдалынгтæм нæ ныууагъта йæ нартхор рувын Хæсанæйы бригад. Сæ быдырон станмæ фæзындысты æнафоны. Куы ’рбацыд, уæд та ацыд йæхи найынмæ. Дзæвгар фæбадт Хæсанæ иунæгæй доны был. Æнафои кæй уыд, уымæ гæсгæ бирæтæ фæзивæг кодтой доны былмæ ацæуын, кæд уазал доны хи ныннайыны фæстæ сæхи уæлдай рогдæр хатыдысты, уæддæр. Сæхи ных- садтой, станы раз æнæмбæрзæнæй дæргъæй-дæргъмæ цы иумæйаг хихсæн арæзт уыди, уым, боны тыхджын хуры тæвдæй цы дои схъарм, уымæй. Уæвгæ, Хæсанæмæ ацы хатт уæлдай хуыздæр фæ- каст, иунæг кæй у, уый. Йæ алы фарс уыд сабыр. Æр- мæстдæр доны улæнты сæр-сæр хъуысти æнæрынцойæ. Стæм хатт-иу доны улæн улæны куы ныццавта, уæд-иу йæ цæллахъ райхъуыст. Мæй, цыма исчи нартхоры кæрдзынæн йæ был атыдта, уыйау къахырæй разын- дис сау мигъты хъæбысæй. Мæйрухсимæ бахъуызыд хъарм фæндтæ Хæсапæйы зæрдæмæ. — Азау æрцыдис, зæгъыпц, уæдæ, и? — акодта йæ- 123
■хи фæрсæгау æмæ дисы бафтыд. — Цавæр тыхтæ мæ уромынц быдыры? Мæ цард цæргæ-цæрæнбонты дæр мæхицæн æнæ Азау куы нæ садджын кæндзынæн. уæд цы ми кæнын ам иунæгæй доны был? Цæуылнæ дæн Азауимæ? Иæ зæрдыл æрбалæууыдысты йе окъолайы бонтæ... Фæсахуыр-иу хæргæ дæр адæн нæ акодта, фæлæ-иу йæ мады сусæгæй ахъуызыд сæхицæй æмæ-иу Азауты хæ- дзары рæзты фæцæуæг хъæуы сæры ’рдæм. Кæд-иу Азауы федта, уæд-иу фæстæмæ уыцы уынгты æрцæуын йæ ныфс нал бахаста, æфсæрмььиу коДта, кæд нæ, уæд та-иу хъуамæ ногæй æрцыдаид ууылты. Ныр та? Бирæ фестырдæр, фембаргæдæр, фæлæ йæ ныфс нал хæссы хъæумæ ацæуын, Азауы фенын. Фæци дыууæ дихы: йæ- хæдæг ам ис, быдыры, йæ зæрдæ та —■ хъæуы. Исдуг йæхицæн ныфсытæ авæрдта, фестад, рахъавыд хъæу- мæ ацæуын, акодта иу къорд къахдзæфы дæр, фæлæ та æрлæууыд. Куы йыл фембæлон æмæ мæ куы фæрса, цæуылнæ фæзындтæ раздæр, зæгъгæ, уæд ын цы хъуа- мæ зæгъон? — Нæ йæ фехъуыстон, зæгъгæ, æмæ дзы кæй сайын? Хæсанæ аныгъуылд сагъæсты... «Нæ, ныр цæуæн нал ис, стæй, æвæццæгæн, йæхи дæр нæ фæнды мæ фенын, уый йедтæмæ мын æй афонмæ æм- барып кодтаид». йæ фæстаг хъуыды йæм фæкаст тынг раст, нал ацыд хъæумæ. Станмæ куы бацыд, уæдмæ йе ’мбæлттæ окодтой зæрдиаг фынæй. Куы .сæ райхъал кæ- нон, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, цырагъ дæр нал ссыгъта. ныххуыссыд æнæ рухсæй. Райсомæй раджы фестадысты Хæсанæйы ’мбæлттæ. Фестад Хæсанæ дæр. Иæ хуыссæнтæ «уы ’фснайдта, уæд фæком.коммæ базы бын æвæрд конвертмæ. Конвертыл къухфыст уайтагъддæр базыдта. Кæд дзы мидæгæй цы фыст уыд, уый нæма зыдта, уæддæр ын циндзинад йæ зæрдæ ныццавта. Айхæлдта йæ æмæ бакасти писмо. Ис- дуг йæ цæстытыл не ’ууæндыд. — Азау!—фырцинæй фестъæлфæгау ’кодта Хæсанæ æмæ, писмо йае риуы дзып- пы авæргæйæ, рæвдз азгъордта йæхи æхсынмæ. Хи-сæр- фæнæй тагъд-тагъд йæхи куы сæрфта, афтæ Цæргæсæн загъта: 124
— Мæн иу чысыл рæстæгмæ хъæумæ суайын хъæуы. — Хъæумæ? — цыма йæ нæ бамбæрста, афтæ ногæй хынцфарст акодта Цæргæс. Уæвгæ йæм диссаг фæкаст, Хæсанæ аркъауæй дæр нæ бжуымдтаид йæ куыстæй атонын, уæд ыл ныр цы ’рцыдис, зæгъгæ, цавæр тых æй цæуын кæны хъæумæ? «Маст, æнамонд ха- бар? Æмæ æнкъард нæу». Афæрсынмæ йæ хъавыд, фæ- лæ йæм аив нæ фæкаст йæ хъуыды. Цæргæс йæхæдæг дæр нæ уарзы, хынцфарст æй чи фæкæны, уыдоны. Стæй æнхъæл уыд, Хæсанæ йæхæдæг зæгъдзæн, цæмæн цæуы хъæумæ, уый. Фæлæ Хæсанæ ницы загъта. — Гъей, джиди, Дзибылы бæх кæми ныр! Ахсджиаг куысты рæстæг атонын мæм хорз нæ кæсы. — Æмæ Дзибылы бæхæй цы .кæныс? Ныртæккæ уæр- тæ Цымырз машинæйыл хъæумæ цæуы. Хæсанæ, цингæнгæйæ, атахти машинæмæ. Цæргæс та диогæнгæйæ каст йæ фæстæ. 8 Хæсанæ нал ацыд хъæумæ. Уып иугæр Цымырзæн куы загъта æз дæр хъæумæ цæуын, зæгъгæ, уæд ын уый хъаз- гæмхасæн бакодта: — Табуафси, хъæумæ нæ, фæлæ Цъæйы фæлладуа- дзæн хæдзармæ дæр. Ноджы знон ахæм рæсугъд бæлоны баластон уырдæм, ахæм, æмæ йæ дыууæ цæсты дæр сты чызджы аргъ. — Ахæм цæстытæ нæй, — фæкодта Хæсанæ, цыма йæ ныртæккæ ахсджиаг хъуыддæгтæй чызджытæм не ’вдæ- лы, афтæ.- —Ахæм цæстытæ ды никуы-ма федтай, Хæсанæ, раст. цыкурайы фæрдгуытау, æхсæв дын, машипæйы цырæгъ- тау, дæ фæндаг рухс кæнюмкой, йæ фæсонтыл, доны дыу-" уæ къабузау, алдымбыдæй æруадысты йæ тар мыдгъуыз дзьжкутæ, сæ кæрæтты сын, цыма, и.счи сæнæфсирты цупæлттæ абаста, уыйау, уырынгтæ-уырынгтæ, къæбæл- дзыгæй кæрæдзийыл æнцайынд. Уæд туг æмæ æхсыр æмхæццæ рæсугъд уадултæ, йæ тар къæлæт æрфгуытæ, пæ мидбылты бахудт, зæрдæйы хизынц. — Æгæр дзы не ’ппæлыс? — Гъæй, дæ бындар фæуай, Хæсанæ. Уый аккаг ны- 125
хæстæ æз нæ, фæлæ хорз фыюсæг дæр не ’ссардзæн. Уас- тæн йæ рæсугъды цардæй бафсæда Аминæт. — Чи Аминæт? — «Размæ»-йы колхозы мæргъты фермæйы хицауы чызг Азауы кой дын кæнын, —.машинæйы матор скусын •кæнгæйæ, стыр разыйæ загъта Цымырз, — зоныс, знон мæнæ ацы ран бадти мæ фарсмæ, — машинæйы къаби- нæмæ ацамыдта къухæй, — Цъæйы фæлладуадзæн хæ- дзармæ цыд. — Фæндараст фæу, уæдæ, — загъта Хæсанæ æмæ фæ- стæмæ станмæ бацыд æнкъардæй. Фыдыбæстæйы хæст Æхсараты Азауы æрæййæфта Цъæйы фæлладуадзæн хæдзары. -^. Б Ы Ц Æ У I Дыккаг бон райсомæй Фарны ’хъæуæй районма араст æртæ дыцæлхыг бæхуæрдоны. Раззагыл бадтысты Сырхауты Арысхан æмæ Алæмæтаты Кæрæфбег, астæук- кагыл — Æхсараты Мысост æмæ Сырхауты Ахберд, фæстагыл та — Сырхауты Хæсанæ. Кæд сеппæт дæр райæххæсткоммæ цыдысты Зилгæдоны тъæпæны фарстл алыг кæнынмæ, уæддæр хъуыды кодтой алыхуызон. Кæрæфбег æрбахæцыд бæхы рохтыл. Райдианы бæ- хы ауагъта сæппдугъæй, фæлæ иугæр куы адард сты се ’мбæлттæй, уæд бæхмæ нал æвзыста, æмæ бæх дæр ра- хызт сабыр къахдзæфтæм. — Ай мардæрцыд нæу, райсом хуымгæнæнтæ, абон та ма бьщæу кæнæм, цы ми кæндзыыстæм, ууыл, — дзырдæппарæн бакодта Кæрæфбет æмæ Арысханмæ бакаст. Уый фехъуыста Кæрæфбеджы ныхас, фæлæ йæм барæй ницы сдзырдта, фынæйгæнæгау, æркув-æр- кув кодта. — Арысхан, æнхъæл дæн, æмæ дæ хуыссæг ахсы? — Хуыцау дын æй ма ныббарæд, дысон мæ амард- тай, мæ сæр тъæппытæ хауы. 126
— Йæ хуыздæр хос — цывзыджын арахъхъ! — Бæргæ, фæлæ кæдæм цæуæм, уый нæ зоныс? — О, æниу дзы Радиты Дудар йæхæдæг нæ аназы> мæгуыр. — Дударыл дæхи куы барай, уæд дæ тъанг ас- къуыйдзæн. — Æмæ æнæуи дæр скъуыдæп уæлдай нал у. Исты бьинат та мæ ссарын хъæуы, æлдæр ай мæнæн куыст нæу. — Цæп татъд та дзы афæлмæцыдтæ. — Бæргæ дзы нæма афæлмæцыдтæн, фæлæ алæбон фæцъыззы-фæцъыззы кæнынц, æмæ сæм баст куыдз дæр нæ фæлæудзæн. — Иннæ ран дæр дæ адæмимæ «усын хъæудзæн. Хæлцы комбинат дæ ферох? — Нæ ферох, фæлæ мæ бон нæу, мæ разы мыд куы уа, уæд дзы ме ’нгуылдз ма фæцæвон æмæ йын йæ ад ма базонон. — Афтæмæй искуы æнæнгуылдзæй баззайдзынæ. Æмæ дæхиуыл ма ахъуыды кæн, фæлæ дæ ус, дæ сы- вæллæттыл уæддæр ахъуыды кæн. — Хъуыды кæнын, хъуыды, фæлæ мæ куыд кусын кæныс ахæм адæмимæ. Дæ фарн бирæ, фæлæ мæ сы- вæллæттæн дæр куы радзурин, де ’рвад Сырхауты Ах- берд нын цавæр зæхх хуым кæнын кæны, уый, уæд ху- дæгæй а/мæликкой. Уæд æй уыдан цæуылнæ æмбарынц? — Æгæр дæр æй æмбарынц. Фæлæ сын макæ зæ- гъæг нæй. Бæрæг сæм уыдзæи, кæд Радиты Дудары раз дæр афтæ хъæбатыр уой, уæд. — Æмæ куы уой, уæд та? — Уæд та — дон хиды бынты. Дзæгъæл рæстæг, дзæгъæл ныхас, фæлæ хъуыддагæй ницы. Хъахъа би- рæ, рæвдуан нæй. Дудар сын уыцы зæххы тыххæп сæ дзых схæлиукæнын дæр н& бауадздзæн. — Æмæ Уари та? Дысон, дам, Зилгæдоны тъæпæ- ны куы уыды;сты Ахберд, Мысост, Хæсанæ æмæ Уари. — ^Зилгæдоны тъæпæн нæ, фæлæ йæ Дунейы фарн хæзнапы æвæрæн фестын кæнæд, уæддæр мах нæ хъæ- 127
уы. Арысханы колхозы дзæгъæл куыстытæн бынат нæй, нæ, Кæрæфбег, æмæ уый зонын афон у дæуæн дæр. — Мæ хъустæй йæ куыд хъусын, мæ цæстæй дæр æй афтæ цы фенон, хуыцау уый зæгъæд! — бынозты су- лæфгæйæ, загъта Кæрæфбег. Арысханы зæрдыл æрлæууыдысты, Радиты Дуда’р ын знон йæ ,кабинеты цы зæрдæбын ныхæстæ кодта, уыдон. «Дæ колхоз у районы тæккæ фæзминагдæр. Бæрзанд тыллæг райсыны тыххæй Указ куыд зæгъы, афтæмæй дæ бон у æнцонæй райсай Социалистон Фæл- лойады Геропы ном. Æрмæют хæдзардзин куыст æмæ ахсджиаг рæстæгæн бирæтæ фаг аргъ нæ -кæнынц, æмæ иннæты дæр-фæстæмæ фæласынц. Дзæбæх куы базмæ- лын кæнан ахæм адæмты, уæд дæ хъуыддаг цæуы!» Цу æмæ ды базмæлын кæн хъæубæсты зæронддæр Ах- берды, кæддæра дзы цы рамбулис. Уæвгæ, Дудар, кæд ды Зилгæдоны тъæпæн кæнын нæ бауадзай, уæд кусын мæ бар уадз. Социалистон Геройыл ныхас куы нæ цæ- уа, уæддæр цæмæн хъуамæ ауадзон районы цæугæ Сырх тырыса æндæр колхозæн. Æндæр хуызон хъуыдытæ æнцой нæ уагътой Кæ- рæфбеджы дæр. Уымæн цыма йæ фарсмæ Арысхан нæ бады, фæлæ дыргъы голлаг ис йæ цуры æмæ йæ ласы базармæ, уыйау æм каст. Хæсты размæйау та фарон дæр хорз бабазар кодта. Йæ дыргъдоны бæлæстыл уа- диссаг пицы ’рзади, фæлæ дыргътæ балхæдта сыхаг хъæуæй, рæсугъд сæ бафснайдта асыччыты, колхозæй расайдта гæххæтт мæ дыргътæ базармæ ласын, зæгъ- гæ, стæй сæ ракуырдта бæх æмæ уæрдон дæр. Æмæ иу æхсæвыгон сусæгæй, куынничи йæ федтаид, афтæ- мæй бамидæг йæ дыргътæм æмæ сæ базары амидæг кодта. Уый фæстæ дыккаг, æртыккаг хатт. Иу хатт ма Радиты Дударæн йæхи дыргътæ дæр аласта. Æмби- сонды зад æркодтоп йæ дыргъбæлæстæ æмæ сæ Дуда- ры ус Мери падвалы фефснайдта, фæлæ сеппæт æнæ фесæфгæ кæм бафтыдаиккой .къухы æмæ дзæгъæлы сæфынæи æвгъау сты, зæгъгæ, сæ аласын кодта Кæрæф- бегæн. Хъуыддаджы гæххæтт дæр ма йын саразыл кодта. Дзæвгар фелхъывта уьщы дыргъты пайдайæ Кæрæфбег. Дудар ма абон дæр нæ зоны, йæ дыргътæ 128
йын исчи ауæй кодта, уый. Алы цыды фæстæ йе ’хца- дон тынгдæр нæрсын байдыдта Кæрæфбегæн. Фæстаг- мæ йæхи сбаста горæты спекулянттимæ æмæ йын уы- дон уæй кодтой йæ дыргътæ. Дыргъты рæстæг куы фæ- цис, уæд та <бавнæлдта æндæр хъуыддатмæ. Æлхæдта сусæгæй хъæубæсты цæрджытæй родтæ. Сæхимæ сæ-иу æобаргæвста. Сæр, къæхтæ æмæ-иу царм ныууагъта хæдзары, дзидза та-иу бамидæг кодта горæты. Æхца халамæрзæнæй ссивын райдыдта, уæдæ бинонтæ дæр æйттæй уыдысты æфсæст. Уый фæстæ йæ хъоппæг зыд цæстытæ ноджыдæр фестырдæр сты. йæ хæдзары йын цы къæбиц ио, уый йын нал æгъгъæд кодта æмæ ра- хъалыди йæ дæргъæй-дæргъмæ сарайы быы дæр къæблц саразын. Стæй уыцы ног къæбицæй иуварсы ’рдæм су- сæг бацæуæн бакъахын. Уыцы сусæг ран кæнид, ’цы би- рæ родтæ фергæвдид, уыдон цæрмттæй сæрак. Куыд сэ: ка’нык хъæуы, уый та йын бацамыдта, фæстаг хатт ~о- рæты рестораны, минаскæнгæйæ, кæимæ базонгæ, ахæм цæрмгæиæг. «Гъе, æмæ цы хорз уаид, цы?.. Æнæхъæн афæдзы дæргъы хæдзарыл ’ æрвыл бон дæр æфтыдаид пайда. Фæлæ мæ фæстæ чи цæуы, уыдонимæ ахæм хъуыддæ^- тæ кæнæн’нæй. Лæджы бабын кæныныл нæ бацуард- ч дзысты. Ныууадзын хъæуы родты, ферохкæнын хъæуы цармгæнæн чысыл завод дæр. Фæлæ байтауын хъæуы нуры, картоф, æрыскъæф. Уый фæстæ нурыйы зæххы асадздзынæн нартхор. Уый дæр хъуыдыдыйæ хорз аргъ фæисы. Нурыйæн та Мæокуы æмæ Ленинграды базарты уæлдай аргъ вæййы. Рæсугъд æмæ фидар дыргътæй суанг рагуалдзæгмæ чи ахæццæ уа, ахæмтæй байдзаг кæндзынæн дыууæ къæбицы дæр. Уалдзæджы сын туджы аргъ вæййы. Æмæ уыцы горæттаг цæрмгæ- нæг куыд дзырдта, зæгъгæ, сæракæй скæнис тæккæ фылдæр пайда, ахæм пайда куынæ радтой халсæрттæ æмæ дыргътæ, уæддæр бирæ чысылдæр нæ уыдзысты. Фæлæ мардæрцыд у, колхозы хуымгаанды зæххыты куы фæфылдæр кæной, уæд. Ныр нын чи ис, уыдонмæ дæр мæ нæ февдæлы, æмæ ма куы фæфылдæр уой, уæд та бынтон марйæрцыд. Бæргæ ныууадзин мæ куыст, 9* 129
фæлæ милицæ... Цыма йыл исчи ихджын дон бакалдта, афтæ сæ коймæ йе ’уæнгтæ барызтысты. 2 Алыгъуызон хъуыдытæ кодтой, Фарны быдырты ’хсæн цы сосæ -фæндаг ис, уымæ куы бахызтысты Ах- берд æмæ Мысост, уæд уыдон дæр. Ахберды сæры зилдух кодтой, Зилгæдоны тъæпæны тыххæй рæсугъд хъуыдытæ. Ахберд раст бамбæрста партийы æм-æ хицауады уыпаффæ колхозон хуымзæххы- тæ фæфылдæр кæныны тыххæй. — Ау, æмæ кæд æз нæ зонын нæ зæххытæ, уæд ма сæ чи зоны? — æхсызгонæй хъуыды кодта Ахберд æмæ рагæй æрæгмæ йæ зæрдæмæ, стæгнизау, цы Зилгæдоны тъæпæн бакæныны хъуыды ныххызт, уый æрæвæрдта колхозы разамынды раз. Зилгæдоны тъæпæнмæ рагæй æхсайдта Ахберды зæрдæ, суанг ма йæ тæккæ хъаруйыл куы уыдис, уæдæй фæстæмæ. Къорд хатты йæ >ба1бæрæг нодта, лæхстæгæ- нæгау-иу дзырдта йемæ: «Тæригъæдджын фæуай, кæд цы зæхх дæ, адæмы рис æмæ дæм мæт куыд нæ хъары. Дзæгъæл лæуды бæсты иу-цалдæр сидзæр сывæллоны гуыбын бафсадай. Æмæ йæм-иу, цыма, зæхх дæр сдзырдта: «Дæ хорзæхæй, бакæ мæ æмæ сидзæрты дæр бафсаддзынæн, стæй дæ мæгуырдзинад дæр фесафдзы- нæн», — афтæ и<аст Ахбердмæ. Цалдæр хатты сфæнд кодта йæ амонд бавзарын. Баныхас-иу кодта йæ сы- хæгтимæ. Уыдон-иу райдианы сразы сты, стæй-иу бæл- вырддæр куы абарстой сæ мæгуыр царды фадæттæ æмæ хъарутæ, уæд-иу дызæрдыгкæныныл фесты, нæ куыст куы фæдзæгъæлы уа, уæд ма нæ сывæллæтты та цæмæй схæсдзыстæм, зæгъгæ-иу дзырдтой æмæ-иу сæ хъуыддагæй ницыуал рауади. Ныр та цард афтæ у æмæ æппæт адæмы хъару дæр арæзт у иумийаг хъуыддагмæ. .Уымæ гæсгæ рахаста адæмы рæнхъмæ, рагæй-æрæгмæ йын йе ’пцойдзинад чи хæлдта, уьщы Зилгæдолы тъæпæны фарст. Уымæ гæсгæ цæуы ацы райсом рапæххæсткомы сæрдар Ради- 130
ты Дудармæ дæр. Фæлæ хуьщау йæ зонæг, куыдæй сыл сæмбæлдзæн Дудар. Фæлæ хъæубæсты зæрæдты фидыц Ахберд Зилгæ- доны тъæпæны тыххæй йæ гæрзтæ рывæрынмæ нæ хъа- вы. Уый йæ царды дæргъы нæ зоны ахæм хъуыддаг æмæ хъæубæсты адæмы ’хсæн загъта фæндон æмæ йæ бахъахъхъæнын нæ бафæрæзта, зæгъгæ. Уый тагъд ни- куы фæкæны. Фыдæлты æм-бисондау, авд хатты йæ абары, иу хатт æй алыг кæны. Адæмы размæ йæхæдæг дызæрдыг кæуыл кæна, ахæм хъуыды никуы рахæссы. Уымæ хуыздæр кæсы, ды офæнд кæны, уый рагагъоммæ баууильш, къорд хатты йæ аныхъхъуырын æмæ кæд йæ- хи хъуыры нæ фаёбады, уæд бæззы адæмы æхсæнмæ ра- хæссынмæ, зæгъгæ, æмæ йæ хæсгæ дæр ракæны. 3 Фарныхъæуы колхозон уæрæх быдыртыл фæлгæсыд Æхсараты Мысост. Дардæй бакæсæг фенхъæлдтаид, зæгъгæ, ай фыссæг, кæнæ нывгæнæг у. Фæлæ Мы- сост уыдонæй ’иу дæр нæ уыд. Уый сæры гуырыдысты ахсджиаг хъуыдытæ. Уымæ æгæр къуындæг кастысты йæ колхозонты бы- дырон культурон дарды уавæртæ, уæвгæ кæд иннæ колхозты стантимæ абаргæйæ, бирæ хуыздæр уыдыстыу уæддæр. Бакаст йæ быдырон станмæ дардæй æмæ дзы йæ зæрдæ уый бæрд нидæмæй барухс. Хидæн цæрæн- уæттæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæн, хæрæндон, рæсугъд кæрт, ныссагъта дзы дыргъбæлæстæ, дон ба- уагъта йе станмæ дæр. йæ колхозонтæн кæддæры нарт- хоры кæрдзыны бæсты ныр æрвыл бон дæр ис сойджын хæринаг, урс дзул. Ахаста быдыртыл йæ цæст æмæ куы федта йе ставд фосы, фысты. хуыты, кæрчыты фер- мæтæ, мæнæуы,- нартхоры, пырындзы зæххытæ, дыргъ- дæттæ, сæндæттæ, уæд ноджы арфдæр ныхъхъуыды кодта. Тынг бирæ ивддзинæдтæ йæ хъæуы бах’æссыи колхозон цардмæ. Уыцы ивддзинæдтæ кæнæг та у адæймаг. Уымæн арæзт куы æрдæуа хорз царды фа"- дæттæ, уæд æнæдон ранæй дон рауадздзæн, хæхтæ, къæдзæхтæ дæр афæлдахдзæн. 131
Мысосты фæндыдис фæуæрæхдæр кæнын йæ быды- рон цæрæн хæдзæрттæ, саразын сывæллæтты рæвдауæн- дон, яауæд æгæр бирæ ныййарджытæ бадынц хæдзæрт- ты, сæ сывæллæттæм сын фæкæсæг кæй нæй, уый аххо* сæй. Саразын хъæуы сæрмагонд кæсæндон, ’амал дзы куыд уа киионывтæ уынынæн дæр. Фæсивæдæн физкуль- турон хъазæн фæзтæ, хинайæн. Фæуæрæхдæр хъæуы станы алыварс фæлварæн станцæты зæхх. Йæ цæст нюджы лæмбынæгдæр ахаста быдыртыл æмæ йæм æгæр чысыл фæкастысты доны къанаутæ æмæ йæхинымæры нымадта, доны къанауты цы зæх- хытæм ауадзын хъæуы, уыдон. Фермæтæм куы рахызт, уæд^разы уыдис сæйрагдæр фысты æмæ кæрчыты фермæтæй. Фыстæ уыдысты сыгтГ- дæг табырджан, лæвæрдтой бирæ хъуын, кæрчытæ та хастой бирæ айк, уыдысты рæсугъд сæнтурс мыггаг, фæлæ разы нæ уыдис хъуццыты фермæйæ. Цы у хæх- хон хъуг? Цыппар, фондз хохаг хъуджы иу хæрз мыг- гаг хъуджы бæрц æхсыр нæ дæттынц уæвгæ сæ холлаг та къаддæр нæ хъæуы. Раивын сæ хъæуьг иууылдæр хæрз мыггаг хъуццытæй. Хорз æм нæ кæоы хуыты мыг- гаг дæр, сты алыгъуызон, уымæй се ’мбисы бæрц баи- вын хъæуы ставд мыггагæй. Мысост ма Н’Ог культурæты тыххæй цыдæртæ хъуы- дытæ кодта, фæлæ йæм уæдмæ Ахберд сдзырдта: — Куыд дæм кæсы уæддæр, цæуыл алыг уыдзæп зæххы фарста? — Мæнмæ гæсгæ, загъд, замана дзы уыдзæн. Фæлæ уый фæстæ, бирæ куы нæ уа, уæддæр, иу чысыл бафæл- вардзыстæм Зилгæдоны тъæпæнæй. Ахберд æмæ Мысосты бæхуæрдонмæ гурæй-гурмæ цыдис Хæсанæйы уæрдон дæр. Уый дæр æнцой нæ уагътой алыхуызон хъуыдытæ. Иæ зæрдыл æрбалæууыдысты хуыцауы ’лгъыст Дзйблы ныхæстæ: «Дæ бо’нæй уай, уастæн, дæуæн цьпфадæттæ нс. Райсомæй фест æмæ дæхи дæр нæма> ныхсдзынæ, афтæмæй дæм дæ уарзон радзурдзæн: «Дæ райсом хорз, Хæсанæ». Изæрæй кæс æмæ оæ дон куы нæ хъæуа, уæд- дæр дыууæ бедрайы æрбацæйскъæфдзæн дæ рæзты æмæ та когæй: «Де ’зæр хорз, Хæсанæ». 132
«Æндæр та дын цы зæгыон, Дз-ибыл. Кæд дæ уыр- ны æмгары дзырд, уæд æй ныхасмæ нæма федтэн», — æргом дзуапп радта уæд Дзибылæн. Уый фæстæ йæ хъустыл ауадысты сæхи Ахберды ныхæстæ: «Уым цы- дæр |ио>. «Хуъщау зæгъæд, хуыцау», — дзуапп ын рад- та Мысост дæр. «Адæм нæм æнхъæлмæ кæсынц чындзæхсæвмæ. Мах та зæрдæйæ-зæрдæма^ дæр никуыма’ аныхас кодтам. Ау, ды дæр, Азау, иннæты хуызæн хъуыды кæныс? Æви ■нæ кæддæры бæллицаг фæндтæ æрдæгыл хъуамæ баз- зайой? Нæ уырны уый мæн. Цы уыдаид цъæх рæгъæ- дæй институт куьь фæуыдаин, >æд? Фæлæ пыртæккæ уæлдæр скъола мæнæн ратдзæн дыууæ институты бæрц. Гъай’дын мæ хуыцауы къух, Азау, æцæг дын зæгъын. Æмæ кæд зивæг нæ кæныс, уæд ацы аз хъæздыг хорæр- зады фæстæ ацæуæм ахуырмæ. Æрмæст æз институтмæ демæ нал ацæудзынæн, Ды уырдæм, æз та ЦК цур кур- сытæм. Баныхас кодтам?» — цыма Азау дьщæлхыгы йæ фарсмæ бады, афтæ йæм каст. — «Æрмæст ацы хъуыд- даг рагацау макæмæн схъæр кæн. Уадз æмæ уæд нæ царды сусæг бæллиц». Хæсанæ дысон æхсæв йæ цæстыт’æ не ’рцъынд кодч та. Æнафонтæм фæбадтысты Мысосттæм. Уый фæстæ бацыд сæхимæ. Азауимæ йып аныхаскæныны фадат кæй фæцис, уый йын йæ зæрдæмæ бауагъта æгæрон цин, нал цыдис йæ риуы. Азауы къам систа йæ дзыппæй, стъо- лыл æвæрд кæсæныл æй баицой кэдта æмæ йæм æдзы- нæгæй каста. Уыцы карк æмæ Азауы ’къухты хъарм æдзухдæр хатыдис йæ къухты ’хсæн. Йæ хъустыл æнæ- сцухæй зæлланг кодтой Азауы ныхæстæ, кæдæмдæр ыч фæсырдтой йæ хуыссæг. «Сургæ дæ ражодтой?.. Æмæ дын æмбæлгæ дæр кæны... Фæлтау ардæм куынæ слыгъдаиккам». — Азау, мæ зынаргъ, — къаммæ бакæсгæйæ, загъ- г1а Хæсанæ, — дæ разы курын хатыр. Фæлæ нæ цурмæ кæй слыгътæ, ууыл фæсмон ма кæн. Æдзухдæр дæ цу- ры уæвьгн у мæ цардæй зынаргъдæр бæллиц. Хуры скастмæ дуне куыд фæбæллы, афтæ фæбæллын æз та дæ фæзындмæ. Ды хорз куы зоныс, мемæ цыплар азы дæргъы цы фæндагыл ацыдтæ, уый. Æви нал хъуыды 133
кæныс ме ’рдæг фыст писмо, уæд та уæхи Мысосты ба- фæрс æмæ дын æй уый радзурдзæн. Цæвиттоны хъуыддагæн, Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд нал фем’бæлдысты Азау æмæ Хæсанæ хæсты райдианæй суанг йæ кæронмæ. Хæсанæ йæхи рæв- дыдта’ Азауы стыр уарзондзинадæй. Кæд се ’хсæн уыдис бирæ хæхтæ æмæ быдыртæ, кæд ын-иу хæсты быдыры стæгдар къух, зыдой мæлæт йæ развæндаг карста къæдз цæвæгæй, уæддæр никуы фæтарст Хæсанæ. Азауы цæст- æнгас-иу февзæрд тæссагдæр сахат йæ цуры, уагъта дзы ныфс, окодта йæ разæнгард. Хæсанæйы цæстытыл ауа- дис октябры мæй, 1942 аз. Бæзджын саумылазон мигътæ сæ тар хъæбысы бамбæхстой арвы риуы. Зæрдæ уынгæпкодта хъуынтъыз боны тар æнгæсæй. Æрдзыл, цыма стыр маст сæмбæлд, уыйау йæ цæссыг калдта. Горæт зынд мæрдон фынæ- йау. Нал (калд йæ заводтæ æмæ фабрикты тру^бæты фæздæг. Йæ уæрæх уынгтæй нал хъуыст трамвайтæ æмæ машинæты уынæр. Нæ йæ рухс кодтой, кæддæрау, электрон цырæгътæ. Ахæм æнуд æмæ уынгæг бон горæтмæ æв.вахс иу къуылдымыл æрæнцадысты æртæ хæстоны. Сæрибар- уарзаг башкир Ишкилдин Давлет, хурджын Гуырдзыс- тонæй Никъо Мосашвили æмæ кæстæр лейтенант Сыр- хауты Хæсанæ хъахъхъæдтой уыцы къуылдым. Цалдæр æхсæвы хуыссæджы цъынд нæ федтой; зиаг уыдис хæрз æввахс, къуылдым байсынмæ хъавыд æмæ цæттæ уыдысты знаджы бырстæн ныхкъуырд радтынмæ. Бирæ уарзтой Давлет æмæ Никъо сæ командиры. Тынг æнувыд ыл уыдысты. Бирæ сæ уарзта командир йæхæдæг дæр. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ ахæм команди- рæн æмбал нæ уыд! Гъеныр, зæгъгæ, тæссагдæр ран уы- дысты æмæ сæ а>фтæмæй хæстон хæслæвæрд æххæст- -кæнын хъуыд, уæд-|иу ^æддæриддæр йе ’фсæддонты ра- зæй уыди Хæсанæ йæхæдæг. Ахæм удфидар адæймæгтæ бирæ нæ уыд. Ставд къа(баз, сыгъдæг нуарæй конд, мыд- гъуыз цæхæрцæстытæ, саухил, рæстæмбис ,ас. Хистæр командиры рахиз къабаз, зын уавæрты æфсæддонты ныфс æмæ æхсар, цыргъ зонды хицау, кæддæриддæр æй тæссагдæр сахат фендзынæ хистæр командиры рт æмæ- 134
иу лæмбынæг хъуыста хæстон хæслæвæрдмæ, стæй-иу æй командир куы афарста, бамбæрстай хæслæвæрд, зæгъгæ, уæд-иу Хæсаиæ йæ рахиз къух ныхмæ систа, æфсæддон цыт ратгæйæ, æмæ1иу загъта’: «Æппæт дæр бамбæрстон, æппæт дæр уыдзæн æх- хæст», æмæ-иу Хæсанæ фæаууон командиры разæй. ’Ай-ай, а’хæм хæххон цæргæсимæ иу салдат дæр никуы сфæлмæцдзæн, йæ райгуырдæй йæ базæрондмæ хæстон службæ куы кæна, уæддæр!—хъуыды-иу кодтой Хæсанæйы тыххæй, æввахсдæр æй чи зыдта, уьицы сал- дæттæ. Бон фæрухсдæр. Фæтынгдæр уарын, фæлæ ма са- быр уыд бæстæ.—Эх, цæй амондджын уыдзæн дуне, куы фæу-а хæст, куы басабыр уа бæстæ. Æмæ та куы кæной адæм сæ са’быр царды а<ой, — дзырдта Давлет æмæ йæ цæст ахаста сабыр æрдзыл. — Ай-ай, стыр амопдджын, уæд мæнæ ацы къæвда- ны доны хуызæн згъордзысты сæрибар цардмæ циндзи- пады тæгтæ. Раст нæ зæгъын, æмбал командир? — афарста^ Никъо Хæсанæйы. Командир нæ фехъуыста Никъойы ныхас. Уый фыс- та писмо æмæ аныгъуылд арф хъуыдыты. Цæстытыл уа- дысты ивгъуыд, са1быр царды нывтæ — Кавказы урс- сæр хæхтæ, æнусон Терчы хъазт, йæ чысыл Ирыстон, йæ райгуырæн хъæу Фарн, йæ зынаргъ бинонтæ—йе схæссæг мад Дзæка, йæ фыд Арысхан, йæ иунæг хо Ирæ, цардæй йæм зынаргъдæр чи кæсы, уыцы Азау... Цæс- тытыл ауадысты ноджыдæр хæстон ца^рды нывтæ: цыма та иог фæбырсы арты æнуд цæхæры Ростов ссæрибар кæнынмæ... Автоматты нæмгуыты цъуых-цъуых, пуле- •метты къæр-къæр, сармадзанты богъ-богъ... йе ’фсæддон къорды разæй бырста Хæсаиæ, йæхи ’хсарæй сæ кодта ’хсарджын. Размæ куыд згъордта, афтæ йын знаджы нæмыг фæпырх кодта йæ зæиг, фæцудыдта. «Размæ!»— ныхъхъæр ма кодта йæ хъæлæсы дзаг, стæй йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ æрхаудта. Сабырæй-сабырдæргæнгæ йæ хъустыл уадысты сармадзанты æмыр богътæ. Æп- пынфæстаг уыдон дæр бахъус сты. Уарыд мит. Сыстад къуыззиттгæнгæ зилгæ дымгæ, миты фæлдзæгъдæнтæ бжалдта командиры цæсгомыл... 135
йæ зæрдыл æрбалæууыд госпитал, зæрдæхæлар сылгой- маг хирург Ксеня Ивановна æмæ медицинон хо Верæ. . Стæй та ногæй æфсадмæ, ногæй та мæнæ хæсты быды- ры. — Эх, цæй диссаг у адæймаджы дард, — ахъуыды кодта Хæсанæ. Æрдзы сабырдзинад æвиппайды фехæлдта знаджы артиллерийы æрвнæрынгæнæг æхст. Йæ мидбынаты фсстъæлфыд Хæсанæ. Ивгъуыд царды нызтæ фæтар сты йæ сæрæй. Банаст йе ’мбæлттæм. — Æнкъард кæныс, æнхъæл дæн, æмбал командир?— афарста йæ Давлет. —■ Цæмæн дæм афтæ кæюы? — йæ мидбыл бахудт Хæсанæ. — Æмæ-гъа. Æрдæбонсарæй дæм кæсæм æмæ, цы- ма, атакæйы фæцæйбырстай, афтæ дæ цæстытæ размæ ныццавтай, цалдæр хатты фестъæлфыдтæ дæ мидбына- ты дæр. — Чи зоны, — уæззау сулæфыд Хæсанæ. — Уыдис ахæм рæстæг дæр. Ростовмæ бырстам атакæйы. Карз хæстыты фыццаг хатт уæд фæцæф дæн. Мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Диссаджы хæст уыд... Æвиппайды йе ’рфгуытæ фæтар кодта, йæ цæстæн- гас ныццавта размæ: —Давлет, Никъо! —сдзырдта сонтæй Хæсанæ. Дыу- \æ хæстоны сæх» æввахсдæр баластой Хæсанæмæ. — Кæс-ма, кæс, уыды цъаммæрттæм, æхсæвы цъæ- хæй, къутæрты æхсæнты, дзыхъхъыты куыд æрбахъуы- зынц! — фырмæстæй ссыд йæ дæндæгты къæс-къæс. — Уæртæ цас сты, — <бадис кодта Давлет, — цып- пар, аст, дæс, дыууадæс... — Уадз! Удæгасæй сæ цы нымайыс, фæлтау сæ мар- дæй банымайдзыстæм, — сдзырдта йæм Никъо. Хæсанæ, цыма Азауæй хатыр куырдта, уыйау æр- дæгфыст писмюйы 6æ къух бавæрдта. Артиллерийы æхст фæтынгдæр. — Гилдзытæ нæм фаг ис, фæлæ хæст мыййаг бирæ рæстæг 1куы ахæсса, уæд тæссаг’у, куы нæ сфаг уой, уы- мæй, — ахъуыды кодта командир æмæ бардзырд рад- та дыууæ æфсæддонæн: — Цæугæ ут къуылдымы дыууæ фæрсты штабмæ, 136
фехъусын кæнут хабар. Знаг, къуылдым байсынмæ æр- бафсæрста бирæ тыхтимæ, авдсæдæйы бæрц салдæттæ. Тагъддæр æххуыо рарвитæнт. Æз уал сæ уромдзынæн. — Ир, æмбал командир,—дзуапп радтой дыууæ æф- сæддоны, уæвгæ сæ кæд уьщы зын сахат нæ фæндыди сæ командиры иунæгæй ныууадзын, уæддæр. Фæлæ хорз зыдтой, цыфæнды зып уавæры дæр дыууæ зæгъæн кæй нæй командиры бардзырдыл, æмæ, знаджы арталлерийы нæмгуыты бынты быргæйæ, фæаууон еты къуылдымы фæйпæ фæрсты. йæ цæстытыл ауадис уыцы карз хæст дарддæр. Знæгтæ бырстой. размæ. Æртæсæдæ метры онг æр- бахæццæ сты къуылдыммæ. Галиу æмæ рахисы ’рдыгæй- гы знæгтæ ноджы æввахсдæр æрбацыдысты. Маргджын кæлм’ыты ’бырд кодтой. Æнæкæрон -маст æхсысти Хæса- •пæйы зæрдæйы. йæ цæстытæ туджы зылдысты. — Эх, тæхуды, ныр нæртон лæджы хъару. Уæйыг- дых бæгъатыр æмæ болат кардимæ агæпп кæн размæ. Кæрдгæ оæ ацу. Фæкæн сæ туджы* зæйтæ æмæ лæсæн- тæ. Авд сæдæйы (бæсты сæ алкæйы дæр куы уаид азд сæдæ уды, уæддæр зæрдæ нæ ’ бафсæдид нæ адæмты маст райсынæй, знæгты туджы æвдулынæй. Хæрз æввахс, снысангонд ранмæ æрбахæццæ сты гитлеронтæ. Нал ын уыдис фæстиатгæнæн. Ахæм уæззау рæстæг минут уыдис хæсты хъысмæт аразæг æмæ сыл æвиппайды куы галиуырдыгæй рахисырдæм, куы та ря- хисырдыгæй галиуырдæм аскъæрдтытæ кодта пуле- мет. Скъæр-къæр кодтой знæгты пулеметтæ дæр. Нæм- гуытæ тыиты хауты нывæзт кодтой уæлдæфы. Знаг æнæ- рынцойæ æхста минаметтæй дæр. Фæлæ цæхæрцæст Хæ- санæ хъуыста æрмæстдæр йæхи пулеметы хъæр. Уый каст æмæ уыдта æрмæст йæ пулеметы куыст — куыд кæрды знæгты æмæ сæрыстыр уыд кæй бацыд карз хæс- ты, кæй æххæст кæны йæ ныййарджыты фæдзæхст. Знаджы сарм.адзаны нæмыджы схъис батыдта ныфс- джыи хæстоны пулемегы агъуд. Пулемет тæвдкæнын байдыдта. Знæгтæ уыцы рæстæджы фæтынгдæр- кодтой сæ бырст. Мæнæ, мæнæ, хæрз æввахс, иутæ сæдæйы бæрц, иннæтæ дыууæ сæдæ метры онг æрбабырыдысты. Нæ 137
фæтарст ахæм зын сахат хъæбатыр хæстон. Рæвдз фел- вæста йæ дзыппæй бинты тыхтон, пулеметы агъуд кæм феæм, уым æй амбæрзта æмæ йæ йæ галиу къухæй иыл- хъывта’. Хæцы йыл фидар. Рахиз къухæй та пулемет ,ас- къæрдта знæгтыл. Къордæн ма дзы йæ къухы ба;фтыд алидзын. Бирæтæ та дзы баззадысты карз хæсты быды- ры. Цалдæр хатты ма афæлвæрдтой яог бырстытæ са- разынмæ, фæлæ сæ-иу алы хатт дæр сугъы цагъд кодта ирон лæппу. Знагыл æгæр бирæ зиæнттæ куы цыд, уæд фехъу- сын кодта штабмæ: «Горæтгæрон къуылдым хъахъхъæнынц Советоя Æфсады бирæ тыхтæ. Не ’шпæт бырстытæ дæр фæсыкк сты стыр зиæнтти’мæ. Курæм ног æххуыс». Минут ивта минуты. Фæстаг хъатара, фæстаг гра- натты ,баст ма баззад ироп бæгъатырмæ. Афтæ йæм каст, цыма йæ цæст æрттивгæйæ, уый нвдавæр тых сыс- тын кæндзæн къуылдымæй æмæ цæттæ уыд фæстаг гил- дзы онг хъæбатырæй амæлынмæ. Уыдаид сихорафон, афтæ фæзынд знагмæ æххуыс. Райдыдта та къуылдыммæ ногæй бырсын. Хæсанæ уы- ны знаджы хотыхыл йæ мæлæт. — Фæлæ цы у мæлæт? — ахъуыды кодта Хæсанæ. «Цæрынæн чи нæ уыд аккаг, мæлæтæй уый тæрсы æрмæст», — йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Арысханы ныхæстæ. Хæсанæ куы цыд хæстмæ, уæд ын йæ фыд фæдзæхс- та: } — Лæппу, куывдмæ нæ цæуыс мыййаг, гъе, чын- дзæхсæвмæ... Цæрæццэг фæсивæдæй бирæтæ фæуыдзыс- ты зынгхуыст. Фæлæ ма равзар æгады цард, æгады мард. Адæм дын æй иууылдæр куы хатыр кæной, уæд- дæр дын æй æз нæ ныббардзынæн. Мæлын дæр лæгдзи- над у, мæ хур, æмæ йæ зонын хъæуы. • — Мæлын^дæр зонын хъæуы, — сдзырдта ногæй Хæсанæ йæхинымæр. Æнахуыр диссаджы ныфс фæзынд йæ уæнгты, фæрухсдæр ис йæ цæсгом. Æрдæгфыст писмо райста æмæ сдзырдта: ды мын бахатыр кæ, мæ зынаргъ, мæ уа(вæр мын æндæр фадат 138
нæ дæтты. Æмæ писмойæ цалдæр рæнхъы дæлдæр рай- дыдта сæ парторганизацийы номыл фыссын: «Кадджын мæлæт мынуыд ныййарджыты фæдзæхст. Фæлæ уал цалынмæ мæ ныййарджытæ зæрдæрыстæй дзыназой, уæдмæ уал уа.дз æмæ дæлæ уыцы маргджыи кæлмыты чи ныййардта, уыдон ныййарджытæ фæуæнт зæрдæхæлдтытæ! Мæлæты размæ курын, цæмæй мæ ай- сат цытджын Коммунистон партийы рæнхъытæм. Рекомендацитæ мын ратдзысты Æхсараты М-ысост æмæ булкъон Алексей Макс1имов. Уæлахиз уæд нæ фæуæлахизы бон!» Куырдиаты бын къухæвæрд: «Сырхауты Хæсанæ». Залиаг калмау знаг æртыхсти’ къуылдымыл. Хæса- нæ иуварс авæрдта йæ куырдиат æмæ знæгты фыццаг рæнхъыл аокъæрдта йæ пулемет. Бæстæ хъæр, ахст сси, фæлæ дыккаг фæлтæр фæтынгдæр ,кодта йæ бырст. Фæ- цис црон лæппуйы фæстаг хъатара дæр. Гранатты баст- мæ куыд февнæлдта, афтæ чъылдымырдыгæй æрбай- хъуыст тыхджын хъæлæсæй зонгæ хъæр: «Ура! Ура! Ура!» Советэн Æ’фсады хæйттæ фæзындысты æххуысмæ. Нæ автаматчиктæ згъордтой размæ. Знаг, уыцы домбай хъæр фехъусгæйæ, фæуагъта йæ бырсын æмæ лидзæг фæцис удаистæй фæстæмæ. Бырсæг хæйтты командир булкъон Алексей Ма^ксимов йæ хъæбысы æртыхта Хæса- нæйы æмæ йын загъта: — Хуыздæр фæу, мæ хæххон цæргæс! 4'И.дæр сæ фæкомкоммæ Хæсанæйы куырдиатмæ æмæ ’йæ Алексей Максимовы къухты фæсагъта. Уый бамбæрста хъуыддаг æмæ дыккаг хатт ныхъхъæбыс кодта Хæсанæйы. Уыцы хæсты кæй фесгуыхт, уый тыххæй Сырхауты Хæсанæйæн лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы хæсты фыц- цаг къæпхæны орден, стæй хæстон службæйы ’рдыгæй та хистæр лейтенанты ном. Хæсанæйы цæстытыл уадысты хæсты уæззау ныв- тæ кæрæдзийы фæдыл. Йæ царды тæккæ стырдæр ца- уыл нымадта. Коммунистон партийы рæнхъытæм кæй бацыд, уый. Уый фæстæ та 2 май 1945 аз. Уæд, Со»ветон Æфсад гитлерон сырдты батардтой Берлинмæ æмæ сын 139
сæ гæрзтæ аппарын кодтой. Рейхстаджы сæрмæ сфæй- лыдта уæлахизхæссæг æмæ цардамондта.уæг советон Сырх тырыса. Фæцис хæст. Æрцыд йæ райгуырæн бæстæм хистæр лейтенант Сырхауты Хæсанæ. Æмæ та ногæй, хæсты размæйау, хъуыды ^кæны йæ рæсугъд уарзондзинадыл. — Азау! — бынозты сулæфгæйæ, сдзырдта йæ цар- дæй зынаргъдæр адæймаджы ном. Æнæ Азау æм цы- фæнды хурбон дæр кæсы æнтъыснæг, тар. Азауимæ та йыи дуне у уæлдай рæсугъддæр, быдыртæ — хъæздыг- дæр æмæ райдзастдæр, уæлдæф сыгъдæгдæр æмæ рог- дæр. Мæргъты тъæллангæй зард. Терчы улæнты сæр- сæр арфдæр фæхъары йæ зæрдæмæ... Хæсанæ кæд бирæ уарзта Азауы, уæддæр ын йæ зæрдæйы сусæг фæнд æргом зæгъын нæ фæрæзта. Ис- кæй йæм баминæвар кæнин уæд та, зæгъгæ, йæм ахæм хъуыды дæр февзæрд. Фæлæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы хъуыды. Ме ’ппæт цард дæр цы хъуыддагимæ баст у, æхсæл мæ фыны æхсызгонэрн кæй .фæуынын, уый куыд хъуамæ бакæнон искæй бар. Æмæ бирæ ныхмæлæууæг хъуыдытьг фæстæ сфæнд кодта* тæккæ райсом Азауы фенын æмæ уьгимæ зæрдæйæ зæрдæмæ баныхас кæнын. Районмæ куы бахæццæ сты, уæд Хæсанæ иннæты фæстæ йæ бæхуæрдон батардта райæххæсткомы кæртмæ. 4 Сырхауты Ирæ райæххæсткомы кæрты куы ауыд- та йæ фыд Арысхан æмæ Кæрæфбеджы асæст боны хуы- зæнæй, уæд æм диссаг нæ фæкаст. Иу æмæ сæ дыууæ хатты мыййаг нæ федта уыдон Радиты Дудармæ. Фæ- лæ йæ фыд нырма тæккæ знон уыд Дудармæ. Уымæп йæм дыууæ сахатæй къаддæр иæ фæбадт. Æмæ та йæм ногæй æрбамидæг уалдзыгон куыстыты тæккæ райдиа- ны. «Нæ, ам цыдæр хабар ис»,—ахъуыды кодта Ирæ. Радиты Дудар та сæ цыМа æнæхъæн афæдз нæ фед- та, афтæ æхсызгон æмæ сыл хъæлдзæгæн сæмбæлд. Фæ- хъæлдзæгдæр Арысхан дæр. Фæлæ Кæрæфбёгæн, цыма, йæ род йæ гуыбыны амард, уыйау, тарæрфыгæй касти. — Ирæ, ныртæккæ мæм ахсджиаг æмбырд райдай- 140
дзæн æмæ ма ’нхъæлмæ кæсæд адæм, никæйуал райс- дзынæн. — Рагæй чи æнхъæлмæ кæсы, ахæмтæ дзы бирæ нс. — Уый раст у, фæлæ уыдон хи хъуыддаджы тых- хæй цæуынц, мæнæ адон та—иумæйаг. Æмæ паддзаха- дон хъуыддаг раздæр у. Афæрс ма дæ мады ’фсымæр Кæрæфбеджы. Ирæйы ныппыррыкк кæнынмæ бирæ нал хъуыдис, æмæ федтæдуар. Дудар Кæрæфбеджы кæй фæрсын код- та, уый йæм фæкаст хынджылæгау. Дударитæ сæхæдæг куы аззадысты, уæд сæ хъæл- дзæгæй афарста: -— Цæй, «уыд у, уæ Зилгæдоны тъæпæны хæзиатæ нæма ссардтат? Гъе, сæ мард сæ бахæра, кæд уыдон лæджы уынаффæтæ не сты. Ныртæккæ цы дйссаджы фадæттæ ис паддзахадон стырдæр хæрзиуджытæ райсы- нæн, хуыцау сæ куы загътаид мæ лæппуйы бонты, кæд- дæра мæнæй раздæр исчи райстаид Социалистон фæлло- йы Геройы ном, кæнæ мæнæ Арысханæй. Гъи, Арысхан? — Адон лæгæн йæхи ном дæр байсын кæндзысты,— æыкъард хъæлæсы хаттæй сдзырдта Арысхан. — Дчæ- бæх багуыбыр кæнын æмæ æнувыдæй фæллой кæныны бæсты алы арвистон хъуыдытæ быры сæ сæры. — Гъе, Арысхан, уыдон арвистон хъуыдытæн та бæргæ истытæ кæниккам æз æмæ ды, фæлæ сæ ам нæхи ’рдыгæй змæнтæг ис, змæнтæг, æмæ та йæм куы сдзу- рон, уæд та Радийы фырт æвзæр лæг, нæ бафæрæзта ахæм хорзимæ кусын... —Хестаны фыртæй зæгъыс? Омæ иæм худинаг нæ кæсы, — Дудары хъуыды ферюмдæр кодта Арысхан. — Сæ ных бацæвыны бæсты сæ цы ардауы. — Не ’рдхорд Мысюсты дæхæдæг зоныс. Иу джиппы уагъд сты уыимæ. Афтæ мæм кæсын байдыдта а-фæстаг рæстæджы æмæ, зæгъгæ, исчи фæндон æрбахаста пыл- имæ хъуамæ мæ тых ’басЬæлварон, уæд ын нæ зæгъдзæн: «Сæры сæфт <кæныс!» Фæлæ йæ ноджы бацардаудзæн: «Бафæлвар, бафæлвар, мах дæр дын феххуыс кæндзыс- тæм». Гъе ныр ын æз знон дзырдтон: Зилгæдоны тъæ- пæн ме ’нæзонгæ нæу. Уымæй ницы рауайдзæн. Фæла^ 141
мæм кæм байхъуыста. Куырмæй, дам, ахæм фарсгайыл куыд дзурон. Æмæ асхуыста йæ фенынмæ. — Æмæ? Цы затъта? — бафарста Арысхан. — Райсомæй нырмæ йæ нæма федтон. Телефонæй йæм дзырдтэн, фæлæ дзуапп нæ дæтты. Кæрты фæзындысты Ахбердитæ. Уæдмæ йæ маши- нæйæ ’рхызт Хестанты Уари æмæ сын сæ къухтæ райста. — Дæлæ, кæй агурут, уыдон иууылдæр] — рудзын- гæй кæртмæ кæсгæйæ, ацамыдта Кæрæфбег æмæ Ирæйы кабинетмæ ахызт... Нæ йæ фæндыд æмæ сæ æртæйæ иу- мæ æрбаййæфтаиккой. — Цымæ та кæм уыди афтæ раджы Уари? — Иу минут æй йæ кабинеты абадгæ нæ фендзынæ. Зилы ’хсæвæй бонæй быдыртыл, колхозтыл. Хæдивæг мын нæй, хæдивæг æмæ æз та кабинеты бадын... Иунæ- гæй .зын у, — бахъынцъым кодта Дудар. — Ау, райои иууылдæр дæ къухы куы ис. — Бæргæ, фæлæ гъеныр ды куы сразы уаис, уæд- дæр дæ нæ бауадзин. Æз дæр, стæй районы дæр дæу хуызæтты руаджы :нæ къæхтыл лæууæм. Мæнæн мæ куыст сæйрагдæр хъуамæ уа колхозтьь Æз та бон изæр- мæ ам кабинеты бадын æмæ адæмимæ мæ рæстæг дзæ- гъæлы сафын. Тæссаг у лæгæн хъуына1йы бын фæуынæй. Гъемæ мæ иу ахæм лæг куы фæуид, уæд ын уыцы куыст йæ бар бакæнин. Мæхæдæг та колхозты куыст базмаз- лын кæнин. — Æмæ ахæм хъуыддагæн нæхи Кæрæфбеджы хуызæн кусæг цырагърухсæй дæр кæм ссардзынæ. —Кæрæфбег? Йæ къæдзил æгæр чъизи у. Дæу ха- тырæй йæ нæ фервæзын 1кодтой, зæгъгæ, хæлцы комби- наты хъуыддагæй, уæд афонмæ, чи зоны, кæм хырхид. Кæнæ йæ мæнæн куы радтай, уæд дæхæдæг та æнæ зав- хоз цы ми кæндзынæ? — Æргомæй дын куы зæгъон, уæд мæнæн фыдбылы- зы йедтæмæ ницы тайда’у. Куыст дзы куы фæдомын,уæд йæхи хуыйы хъус ныккæны. Зонын æй, хицауы бынæтты чысыл нæ фæкуыста. Фæлæ куыст кæм хъæуы, ахæм ран дæуæн дæр ницы къух ратдзæн. Стъол хъахъхъæ- иын кæм хъæуы, уым та цырагърухсæй дæр хуыздæр не ссардзынæ. 142
— Цыбыр дзырдæй, дæ фыдбылызы ’фетте кæнынмæ Аъавые, гъи? — Æндæр гæнæн нæй. Адæмимæ æгæр дæрзæг у æмæ йын нæ барынд. Уы;й та схъæртæ кæнын уарзы. — Уымæй мæнæн кусæг нæй. Фæлæ уæ адæм ныл- лæууыдысты Зилгæдоны тъæпæн бафæлварыныл? — Уæдæ. — О, фæлæ дзы галдзармы бæрц дæр бакæнæн иæй. — Дæ цæрæнбон бирæ. Æз дæр афтæ хъуыды кæ- нын. Дудар йæ сахатмæ æркаст. Райдайын афон у, кæм сты де ’мбæлттæ? Районмæ куы ссæуынц, уæд æппæты фыццагдæр кæм вæййынц, уый де ’нæзонгæ нæу. — Уаримæ? — Дудар йæ сæр нæразыйы тылд бакод- та æмæ стъолыл æвæрд дзæнгæрæг æрцæгъдынмæ куыд хъавыдис, афтæ телефоны зæлланг фæцыд. Дудар сис- та трубкæ æмæ йæм байхъуыста. — Хъусын. Цы? Уари дæ? Мысюститæ-дæумæ сты, зæгъыс? Арысхан та ам ис. Кæм кæнæм æмбырд, зæ- гъыс? Уæвгæ сын æз ’знон райæххæсткоммæ загътон. Гъемæ фæуæд афтæ, — йе ’рфгуытæ фæтаргæнгæйæ, трубкæ мæсты æвæрд æркодта Дудар. — Уарийы каби- неты нæм æнхъæлмæ кæсыиц. Тæрсын, ацы лæгимæ куы нæ бафидауон, уымæй. Алы хъуыддаг дæр йæхимæ исы. Дудар, Арысхан æмæ Кæрæфбег Уарийы кабинет- мæ куы бацыдысты, уæд уыдон уыдысты сæ тæккæ ны- хасыл. Дудар адæмыл йæ цæст ахаста æмæ Уарийæи афтæ ’бакодта: —Иууылдæр ам стæм. Райдайæм. — Райдайæм! — Уари бамбæрста, Дудар йæ чемыл кæй нæу, уый. Æмбырдтæ райдайынмæ Дудар никуы фæтагъд кæпы. Адæм ыл æрбамбырд вæййынц æмæ сын *исты худæджы æмбисæндтæ фæдзуры. Абон та йæхæдæг фæтагъд кодта. Æфсоны фарст дæр сæ нæ акэдта куыд стут, зæгъгæ. Дудар йæхи афтæ кæй дард- та, уымæй канд Уарийæн нæ, фæлæ иннæтæн дæр æмба- рын кодта, зæгъгæ, дзæгьæлы дзурдзыстут, æмæ уæ рæстæг ма фесафут. 143
—Цы фарсты, фæдыл æрæмбырд стæм, уый уеппæт дæр зонут. Æмæ зæгъæм нæ хъуыдытæ. — Чи уæ цы зæгъдзæни? — адæмыл йæ цæст ахаста Дудар. Исдуг адæм ниды дзырдтой. Стæй ныхасы бар райс- та Æхсараты Мысост. — Махмæ райæххæсткоммæ фæдзырдтой, Сырхауты Ахберд Зилгæдоны тъæпæны тыххæй цы фарста ры- вæрдта колхозы разамынды раз, уый фæдыл. Фæлæ мæнмæ раст нæ кæсы, алы хъуыддаджы тыххæй, ахс- джиаг уа, æви нæ, уæддæр райæххæсткоммæ згъорын. Уыдон сæхи куыстыл дæр не ’ххæссынц, уæд ма сæ мах та цы хъыг дарæм? Зилгæдоны фарст æнæуи дæр алыг- гæнæн уыдис нæхимæ, колхозты. Мысосты ныхæстæ Дудар æмæ Арысхан бамбæрс- той сæхи ’рдæм. — Уайдзæфтæй та йæ куы райдыдтай, Мыоост. Хуыздæр уаид хъуыддагыл дзурын! — ныхас æм бап- пæрста Дудар. — Дудар; æз дæр хъуыддагыл дзурын. Зилгæдоны тъæпæны фарст алыгкæнæн уыдис бынаты дæр. Мах æй знон иу къордæй федтам æмæ яæм афтæ кæсы, цыма дзы чидæртæ ;куыд тæрсынц, ахæмæй дзы ницы ис. — Ома?! — сæртæг ын феокъуыдта йæ ныхас Ду- дар. —Мæ хъуыды бæлвырд у. Ахберды фарста у раст. Бафæлварын хъæуы Зилгæдоны тъæпæн. — «Уæлахизы» колхозы тыххæй дзуапп дæтты йæ сæрдар, мæнæ дæ разы Сырхауты Арысхан. Цæмæн исыс уый хæстæ дæхимæ? — Бахатыр кæ, Мысост! — ныхас айста* йæхимæ Хес- тапты Уари, — Дудар, раст нæ дзурыс. Мысост «Уæла- хизы» колхозы тыххæй дзуапп нæ дæтты æмæ йæ уы- мæй дзæгъæлы аххосджын кæныс. Фæлæ уый тынг бæл- вырдæй загъта, Сырхауты Ахберд цы фарста рывæрдта, уый фæдыл йæ хъуыды... Дзур дарддæр, Мысост. — Æмæ ма .цы зæгъой? Æз мæ ныхас фæдæн. Мæн фæнды, нæмæй ацы аз Зилгæдоны тъæпæнæй иу чысыл уæддæр бафæлварæм æмæ кæд къух радта, уæд æй фи- дæнмæ иууылдæр афæлдахæм. 144
^- Арысхан, ды та цы зæгъыс? — Зæгъæд уал æххæст, иннæтæ дæр сæ фæндон! — Хорз. Кæй уæ фæнды зæгъын? — Адон иууылдæр Ахберды хъуыддæгтæ сты æмæ нын бамбарын кæнæд йæ фæндон! — йæ тызмæг ныхас баппæрста Кæрæфбег. — Æри ма, æз дыууæ ныхасы зæгъон! — сыстад Мысост. — Гъеныр нæ рæстæг дзæгъæлы сафæм. Ацы зæххы фарст алыг ’кæнын хъуыд колхозы разамынды. Æмæ нæм кæд уым рауадаид ныхдзинæдтæ, уæд нæ бон уыд фарст районмæ рахæссын дæр. Знон мах, мæнæ Уа- ри, Ахберд, æмæ Хæсанæ уыдыстæм Зилгæдоны тъæпæ- ны. Федтам æй. Стæй йыл ныхас дæр акодтам. Æнцон нæу, зын хъуыддаг у. Фæлæ йæ бафæлварæн ис æмæ йæ хъæуы бафæлварын. Кæдмæ нæ хъуамæ мæстæй мара дардæй. — Æмæ кæд уæхæдæг алыг кодтат Зилгæдоны тъæ- пæны фарст, уæд ма иыл ныхас та цы кæнæм?! Цæут æмæ йæ райдайут фæлдахыи! — ныхас йæхимæ айста Дудар. — Кæрæфбег, ды ’Цыдæр зæгъынмæ хъавыс? — Кæ- рæфбегмæ бакæсгæйæ афарста Уари. — Мæ мад, мæ фыдыстæн, зæгъдзынæн. — Кæрæф- бег сыстад. Бандоны чъылдыммæ слæууыд, æруæз ыл кодта, йæ хъару æвзарæгау. — — Уæ хорзæхæй, мæнæ хорз адæм, искуы уæ исчи дон хæрдмæ цæугæ федта? Арвыл æрттиваг стъалытæ бирæ ис, фæлæ дзы исчи æрхаста? Ничи. Æмæ уæ кæй иæ фæнды æрхæссын? Алкæй дæр. Лæджы къухы цы бæллицаг фæндтæ æмæ хъуыддæгтæ не ’фты, уыдонæн сæ бынат ис æрмæстдæр аргъæутты. Мах та зæххыл цæ- рæг адæм стæм æмæ уый нырма бирæтæ не ’мбарынц. — Хъуыддагмæ æввахсдæр бацу, Кæрæфбег! — Мæ мад, мæ фыдыстæн, банæудзынæи, Уари. «Хор дуры сæрыл нæ зайы», — дзырдтой нæ фыдæлтæ. Зилгæдоны тъæпæн та дур у æмæ айнæг къæдзæх у. Æмæ айнæг къæдзæхыл хор куыд зайын кæнут? Æз би- рæ нæ дзурдзынæн. Фæлæ зæгъын мæ фæндон бынтон æргомæй: Зилгæдоны тъæпæн бакæнынвæнд чи скæна, уый, цæстуынгæйæ, кæпы колхозон хæдзарадæн фыдра- 10* 145
кæнддзинад æмæ районы разамынд ахæм хъуьзддаг хъуамæ ма бауадза. — Цæмæн хъæуынц, дьгмæ, ныртæккæ, мæнæ Алæ- мæтаты Кæрæфбег цы ныхæстæ кодта, уыдон? «Стъа- лы ничима æрхаста уæларзæй. Хор дурыл нæ зайы». Æххæст ма сæм бафтыдтаис: дзæргъ сæныкк нæ зайы, кæсаг: сур зæххыл нæ цæуы, адæймаг доны бын нæ цæры æмæ дæ ныхас йæ гаччы абадтаид! — Мæнæн бахатыр кæнут, мæ ныхас афтæ дæрзæгæй кæй райдыдтон, — загъта Сырхауты Ахберд, — мæ карæн адæймаг ахæм ныхæстыл уæззаудæр вæййы. Фæлæ уæ бауырнæд, не ’хсæн иуæй-иу хатт лæг ахæм ныхæстæ фехъусы æмæ мæ сæры хъуын арц абады. Дæумæ дзурын, Кæрæфбег, æмæ дæм мæ бæсты фарн бадзурæд. Ныртæккæ тынг барджын ныхас ракодтай. Фæлæ ам бады ахæм адæм- тæ, ащы царды сæраппэнд йæ уд мæлæтмæ чи хаста. йæ туг сæрибардзинадыл тохы æвгъау чи нæ кодта. Мæ- лæтимæ лæгæй-лæгмæ чи сæмбæлд. Æмæ уыдон азым- джын кæн колхозы хæдзарадæн цæстуынгæйæ, фыдра- кæнддзинад кæнынц, зæгъгæ, уый раст нæу. Фаг нæ ау- уылдтай дæ иыхас. Сындз уисойæ дæр дæрзæгдæр у. — Алчи дæр йæхи хъуыды зæгъы! — бынатæй йæ ныхас банпæрста Кæрæфбег. — Бахатыр кæнут, фæрсаг ныхасыл æгæр кæй схæ- цыдтæи уый тыххæй. Зилгæдоны тъæпæн бакæнын æцæгæйдæр у мæ фæндон. Æмæ ам кæмæдæрты куыд диссаг кæсы, ахæмæй дзы ницы ис. Чи зоны, æмæ йæ бирæтæ иæ зонынц, фæлæ мæнæ Мысост, Арысхан æмæ Радийы фырт зондзысты тулдзджыны хабар. — Куыд нæ йæ хъуыды кæнын, Борæты хъæздыг Аксо уыцы зæххы руаджы куы фæуæлах!из йе ’мсæртыл! Стæй дзы ме ’взонджы бонты фыдæскъуыд куы фæдæн. — Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ, Мысост, æгайтма йæ хъуыды кæныс. Уыцы тулдзы къох уыд Аксойы зæххы- ты астæу. Иу 25 гектары зæхх ахста. Зыд лæг уыдис Аксо. Æфсис ницæмæй зыдта. Æмæ сфæнд кодта хъæ- ды къохы хуымгæнды зæхх фестын кæнын. Æмæ рай- дыдта хъæубæсты адæмы йæ зиутæм сайын. Тæригъæд ныхас нæ хъæуы: къæбæры хъуыддаг æм хорз æвæрд у&ди. Æмæ ома адæмы мæт кодта, уый зæгъьшмæ нæ 146
хъавын. Фæлæ йе ’мсæртимæ кæрæдзимæ æмхиц уыдыс- ты æмæ-иу архайдтой кæрæдзийы куыстытæ ныкъкъуы- лымпыкæныныл. Æрымысыдысты-иу уыдон дæр алы- 1ъуызэн зиутæ. Зиуы хабар та зонут, лæвар куыст уыд æмæ дзы фаг хæрд æмæ нозт куы нæ уыдаид, уæд æм дыккаг бон ничиуал æрцыдаид. Гъе та дьжкаг бон ацы- даид æндæры зиумæ. Æмæ дзы уæвгæ уыди ахæмтæ дæр, фæлæ-иу фæстæмæ æрбалыгъдысты, Аксомæ хуыз- дæр минас ис, зæгъгæ. 0, æмæ тулдзджыны хабар кæ- нын. Зиууæттæ йын ныццагътой йæ хъæд. Стæй райдыд- той бæлæсты бындзæфхæдтыл арт æндзарын. 'Зиууон адæм фæздæгæй цал зындысты. Фæлæ уæддæр куыстой. Бындзæфхæдтæ куы басыгътой, уæд иннæ бонты та рай- дыдтой бæлæсты уидæгтæ къахын. 25 гектагш зæххы уый бæрц уидæгтæ скъахтой æмæ дардмæ зындысты æнæхъæн цъынаты хуызæн. Уыцы зæхх абоп дæр хо- нынц тулдзджын: Фæлæ цæмæн афтæ хуыйны, уый фæс- сивæдæй бирæтæ нæ зэны. Абон дзы ис æрмæстдæр пу- нæг стыртулдз бæлас. Уый дæр Аксо нæ бауагъта калын, мæ фидæны зиууæттæ, дам, иу йæ быны аууопы къæбæр адджынæн бахæрдзысты. Уыцы зæхх у «Размæйы» кол- хозы тæккæ хуыздæр зæххытæй иу. Ау, æмæ уæд уый куыд у? Аксо дæр ма афæлдæхта хъæд. Нæ, уый Аксо нæ уыди, фæлæ адæм. Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, адæмы вдхмæ уæйыг дæр нæ фæлæудзæн. Адæм чсуыстой гуыбыны хæлцыл тугцъиргæп. Абон та адæм сæхи тыххæй кусынц. Сæ фидæн хуыздæр æмæ рæ- сугъддæр цæмæй уа, уый сæраппонд. Æмæ нскæмæн уый бæрц зæхх чи сфæлдæхта, уый йæхицæн цæуылнæ хъуамæ сфæлдаха? Æмæ та фæстæмæ, Кæрæфбег, дæу- мæ дзурын. Зилгæдоны тъæпæн айнæг къæдзæх нæу. фæлæ æцæгæйдæр у дурджын. Фæлæ уыцы зæхх у нæ быдырты хæзна æмæ уымæ уал æмæ уал азы дæргъы афтæ фидыцы цæстæй чи кæсы, уыдон колхозон хæдза- радæн æцæгæйдæр хорздзинад нæ, кæнынц. Хæрам ны- хасæи дын æй нæ зæгъын, фæлæ дæ дæ цæхæрадоны иу æмæ дыууæ хатты нæ федтон æфсæйнаг сасиримæ. Фæлуарыс дзы дæ хъæдындзты хуымты сыджыт. Уыи фæстæ дæ уырзтæй райдайыс ставд къуыбæрттæ сæт- тын. Бауырнæд дæ, ахæм рæстæджы дæ бузныг вæййын. 147
Фæлæ нæ иуæй-иутæ æхсæнадон хъуыддагмæ ахæм’цæс- тæй нæ кæсынц. Уый йедтæмæ нæ цæхæрадæтты зæхх куыд луарæм, афтæ куы бакæниккам Зилгæдоны тъæ~ пæны зæххæн дæр, уæд суаид бæмбæгæй фæлмæндæр. Нæ зæгъын иууылдæр æй ады аз ацъыкк кæнæм. Уыи тынг зын хъуыддаг у. Фæлæ йæ цæуылнæ ис бафæлва- рæн. Бирæ нæ, фæлæ иу дæо гектары уæддæр. Мах, зæ- рæдты звено, нæхæдæг уый бæрц зæхмæ нæ ныфс хæс- сæм æмæ нурæм районы хицауадæй, цæмæй нын уыцы зæхх ба’фæлварыны бар радтой. Ахберды ныхасы фæстæ исдуг фæхъус сты иууыл- дæр. Суанг ма Радиты Дудар дæр хъуыдыты ацыд. Рæстæгмæ цыма сразы йемæ, афтæ йæм фæкаст. Фæлæ иугæр «Уæлахизы» колхозы сæрдар Сырхау- ты Арысхан фидарæй куы загъта, уымæй ницы рауай- дзæн, зæгьгæ, уæд Дудары дызæрдыгдзинад дæр æрба- тары ис. Уæвгæ та> Арысхан тынг лæмбынæгæй бамба- рын кодта, зæгъгæ, Зилгæдоны тъæпæн æнусты дæргъы доны хъæстæ нæ уыд æмæ йыл ницы æрзайдзæн. «,Фæ- лæ йыл, зæгъгæ, æрзад æмæ ахаста хурджын аз, уæд ын æнæфесæфгæ нæй доны’тыххæй. Дон бауадзæн та йæм никæцæй ис. Исты йæм мыййаг боцкъайæ нæ ласдзыс- тæм дон. Кæд æй яннæ колхозтæй исчи бафæлварынмæ хъавы, уæд сæм æз иу чысыл тауинагæй фæкæсдзынæн, фæлæ мæм кусæгдых дзæгъæл куыстыты тыххæй никуы уыдис, нæ дæр уыдзæн æмæ мæ мачи дæр домгæ бакæ- нæд». Ууыл фæцис йæ ныхас Арысхан. Сæйрагдæр каст уыдис Радиты Дудар æмæ Хестан- ты Уаримæ. Ам чи бадти, уыдонæй иутæ зыдтой Хеста- ны фырты фæндон, иннæтæ нæ. Уымæ гæсгæ сæ фæнды- дис Уарийы фæнд тагъддæр базокын. Уари та йæхæдæг æнхъæлмæ каст Радиты Дудары ныхасмæ. Фæлæ Ду- дар кæронбæттæн ныхас уагъта йæхицæн. Хестанты Уари нæ фæдзырдта дардыл. Уый загъта, зæгъгæ, знон федтам Зилгæдоны тъæпæн æмæ хъуыддаг- мæ тæрсгæ-ризгæйæ цæмæй бацæуæм, ахæмæй дзы ницы ис. Дыууæ колхозæн дæр сæ бон у æмæ дзы бафæлварой иу фæйнæ 5 гектары уæддæр. Тракторæй та сæм мах фæ’кæсдзыстæм. Уымæн. йæ дур- ныссыгъдæгкæнын куы 148
бантыса, уæд стыр хъæздыг зæхх у, стæй кæуылты у! Раст нæ зæгъын, Радийы фырт? — Ды кæддæриддæр рæстытæ фæдзурыс, — ныхас айста Дудар, — фæлæ мæ дæ ныхас дисы æфтауы. Ам уæ кæмæдæрты дæрзæг фæкаст Кæрæфбеджы ныхас. Азымаг дзырд дæр ма йæм баппæрстой. Уый хыгъд уæм хорз фæкаст Ахберды, рæсугъд аргъауы хуызæн, кæй ракодта, уыцы ныхас. Стыр ныхæстæ-скодта мæ лымæн Æхеараты Мысост дæр. Уымæ гæсгæ мæм ис къорд фип- паинаджы. Сырхауты Ахберд, раст нæу дæ ныхас. Тулдзджыны æмæ Зилгæдоны тъæпæны иумæ абарæн нæй. Тулдзджыны зæхх кæддæриддæр умæлæй уыд æф- сæст, нæ йæ сыгъта хур. Уым ныццагътой бæлæстæ, скъахтой уидæгтæ æмæ сси пайдайы зæхх. Ныртæккæ йæ астæуты цæуы доны къанау. Фæлæ уыимæ абарæн нæй Зилгæдоны тъæпæны зæххæн. Уый цæмæн у афтæ дæвдæг? Уымæн æмæ йæ æнус азты дæргъы хур басыгъ- та. У дурджын. Хуызæнæн ыл дзæгъæлдзу дæр иæ зайы, уæд æй куыд фæлварут? Æхсар.аты Мысост, раст нæ дæ ды дæр, алы хуымæтæг фарстаты тыххæй райæххæст- коммæ кæй фезгъорæм, зæгъгæ, кæй загътай, уымæй. Æппæты фыццаг; уый хуымæтæджы фарст нæу. Дыкка- гæй та, кæд сымахæн алцы дæр уæ бон у алыг кæнын, æмæ райæххæсткомы сæр ницæмæн уал хъæуы, уæд æй сæхгæнæм. Цæмæн. нын фиды къазна дзæгъæлы æхца. Фæлæ ды куыд æнхъæлыс, афтæ нæу хъуыддаг, Мы- сост] Паддзахад дæуæй дæр æмæ мæнæй дæр фылдæр уыны æмæ зоны. Ды хъуыддагмæ кæсыс .колхозы къуыл- дымæй æмæ дæм дæ быдырты йедтæмæ ницы зыны. Фæ- лæ районы къуылдыммæ зынынц канд дæ колхозы бы- дыртæ нæ, æппæт колхозы быдыртæ дæр, стæй уæхæ- дæг дæр. Сьгмах знон Зилгæдоны тъæпæнмæ куы фæ- цæйтахтыстут, уæд уæ æз ардыгæй уыдтон- Уып дзæ- гъæл фыдæбон у, зæгъын, фæлæ сымахмæ нæ зынд. — Гъемæ нæм уæдæ ды бæрзопдæй <кæс, фæлæ дзы мæ колхоз 5 гектары бафæлвардзæн! — йæ ныхас æм баппæрста Мысост. — Æз та афтæ зæгъын æмæ дзы фондз метры дæр нæ бафæлв,ардзæн! — фæтъæлланг кодта Дудар. Æмæ кæд уымæй размæ хъавыдис хиуыл хæцгæйæ, зондамонæгау, дзурын, уæд ныр, Мьгсосты хивæнд æмæ барджын ны- 149
хас йæ хъустыл ауайгæйæ, йæхи нал баурæдта. Дарддæр йе ’ппæт ныхас уыдис дæрзæг æмæ æртхъирæн, цыма йæ хицауиуæг тых аэздыста, афтæ. Æппын фæстаг загъта: — Иннæбон райдайдзæн уалдзыгæнды компани æмæ уæ иу чысыл дæр исчи куыст бакъуылымпы кодта, гъе фæрсаг хъуыддæгтыл -схæцыд, уæд нæ фехъуыстон ма- чи зæгъæд. Зилгæдоны тъæпæн зæхх нæу æмæ мын йæ кой дæр куыд ничи уал скæна». Арысхан æмæ Кæрæфбег æхсызгонæй еулæфыдысты. Дудары фæндон куы бамбæрстой иннæтæ, уæд сæ бына- ты базмæлыдысты. — Ахæм хъуыддаджы бардзырд радтын дæ бон нæу, Радийы фырт. Уыцы фарст хъуамæ алыг кæной колхозы разамынд сæхæдæг, — ныхас æм баппæрста Уари. — Мæ бон цы у, уый мæхæдæг хуыздæр зоиын, Хес- таны фырт. Æмæ мæ фæлтау ма хъыгдар. Кæд дæм раст нæ кæсы, уæд дæ бон у бахъаст кæнай уæлдæр хи- цауадмæ. Уы,м æй ноджы хуыздæр равзардзысты. Ам та, мæ районы, мæ цæст æрттивгæйæ, дзæгъæлы куыстытæн бынат нæй! — Уæдæ-иу хъаст дæхæдæг кæн, Радийы фырт. Фæ- лæ æгæр бирæ хæстæ исыс дæхимæ. Мæ районы... Мах ма та ам цыгæсстæм? Зилгæдоны зæххы хъуыддаг алыг кодтой знон бынаты «Размæйы» колхозы разамынд æмæ «Уæлахизы» партион оргавизацийы секретарь, бригадир Сырхауты Хæсанæ æмæ зæрæдты звенойы уæнгтæ иууыл- дæр! — бамйарын кодта Уари. — Фендзыстæм, Хестаны фырт, кæддæра цы бакæ- никкат! — Фендзыстæм, Дудар, фендзыстæм! — Уарийы бæс- ты дзуапп радтой иннæтæ цалдæрæй. Дудары фæстæ фетте -сты Арысхан æмæ Кæрæфбег дæр. 5 Иугæр Уариитæ сæхæдæг хицæнæй куы аззадысты, уæд хъуыддагыл сабырæй атæрхон кодтой. — Абон æмæ ма нын райсом ис рæстæг., Сæйраджы дæр сымах хъæуы кусæнгæрзтæ. Иæмæй сыгъдæг кæн- дзыстæм Зилгæдоны тъæпæны дур, цæмæй йын скъах- дзыстæм йæ къудзитæ? — дзырдта Уари. — Æз афтæ 150
æнхъæл дæн æмæ адæм уыдзæн, фæсивæд ахæм хъуыд- дæгты разæнгард у, фæлæ -кусæнгæрзты тыххæй дзæ- гъæл лæуд куыннæ кæной. Ставд дуртæ сæттынмæ хъæу- дзæн стыр дзæбугтæ, чысылты сæппарынмæ белтæ, стæй сæ иуварс хæссынмæ та —тæсчъытæ. Арысханы куыд бамбæрстон, афтæмæй уæм уыдонæй ницæмæй фæ- кæсдзæн, Мысост. — Уый бæргæ æмбарын. Белтæ ссардзыстæм фаг, куы ма хъæуа, уаад та колхозонты хæдзæрттæй дæр ра- курдзыстæм. Уæззау дзæбугтæ зындæр ссарæн сты. Уæв- гæ уыдон дæр æхсызгонæй бахъæудзысты. Фæлæ сега- сæй тæосагдæр у4 тæсчъытæп, ныппырх уыдзысты. — Мысост, раст зæгъыс, фæлæ дæ тæсчъытæй цал ныппырх уа, уал ноджы дын мах къорд сбидзæш, — загъта Ахберд. т — Фæском-цæдисы райкомимæ æз мæхæдæг баныхас- «æндзынæн! — Уæдæ астæуккаг скъолатæ та мæ бар фæуæд! — Уаримæ йæ ныхас баппæрста Хæсанæ. — Дыууæ ’колхозы хæдзæртты æфсинтæ та, уæ бар фæуæд, Ахберд æмæ Мысост. Фæлæ уын сæйрагдæр фæ- дзæхсын кусæнгæрзтæ. Ууыл фарныхъæуккаттæ фæхицæн сты Уарийæ. 6 Зилгæдоны тъæпæн бакæныны хабар, уайтагьддæр районæй схæццæ областы разамындмæ дæр. Фæлæ уæл- дай тынгдæр ацы хъуыддагыл ныхас «одтой Фарныхъæ- уы ца рджытæ сæхæдæг. Æвзæрдис сæм алыхуызон хъуы- дытæ. Иутæм хорз кастис, иннæтæм нæ. Кæрæфбег хъæу- мæ куы цыд, уæд йæ фæндаг ракодта Арысхантыл æмæ йæ хо Дзæкайæн æрхабар кодта, райæххæсткомы цы •фехъуыста æмæ нæ фехъуыста, уыдон æмæ ма сæм къæ- дзилтæ бафтыдта. — Дæ фырт кæйдæрты æмдзæгъдмæ кафы æмæ уый хорз пæу, йæ ’ных ын бакъуырын хъæуы. Арысхан ын нырма йæхи уæздандзинадмæ кæсы, уый йедтæмæ йыл ахæм богъ фæкæндзæн æмæ фырадæргæй Хъæриуы хо- хы цъуппыл абаддзæн. 151
— Цы кодта уагæры, уæ хъыджы цæмæй бацыд? -- Иæ фыды ныхмæ дзæгъæл æгæр дзуры. Афтæ хорз нæу. Адæмы цæсты йæ бафтаудзæн. Ау, ирон нал стæм? Цы фæцис нæ уæздан хиуылхæцындзинад? Æви йæ хæс- ты дæхæры бахордта? Цæмæн бæззы, куыдзæн йæ къæ- былатæ йæ хуылфæй куы рæйой, уæд ахæм æгъдау? — Куыйтæ дын дæ сæр бахæрæнт, æргамдæр ын зæ- гъæн нæй, цы уын ракодта, уымæн? — Бæгуыдæр ын ис! — цыма Хæсанæйы маст Дзæ- кайæ райсынмæ хъавыд, уый богъ ыл фæжодта. — Ах- бердæн мæрдты дон фæхæсс, уый Зилгæдоны тъæпæи хуым кæныныл ныллæууыд æмæ йæ сæрыл рахæцыдыс- ты канд Æхсараты Мысост, нæ, фæлæ партийы райкомы фыццаг секретарь Хестантря Уари æмæ дæ фырт Хæсанæ дæр. — Хъæубæсты тæккæ кадджындæр адæмы ранымад- тай. Æвæццæгæн, нæ рæдийынц? — Нæ рæдийынц, нæ, мæ хъисхъулæг хо, æмæ дæхи æрцæттæ кæ куыстмæ. Зилгæдоны тъæпæны зæхх дур- тæй сыгъдæг кæндзысты. — Уæдмæ дæр уæ тъæнгтыл хæцут. — Гъе, уæдæ мах дæр ууыл дзурæм æмæ-иу раджы рагацау æнæууылд ныхæстæ ма кæн. Афон дын у зонд- джындæр уæвынæн. — Дæ зонд нын æгъгъæдæй уæлдайдæр у, фæлæ кæм ис нæ бирæгъ та? — Дæ сæр дын бахæрæд, Радиты Дударимæ баззад. — Уæдæ кæд Дудармæ хъуыддаг бацыд, уæд уæ сæ- рæн ма низ кæнут, нæхиуоны куыд фæнды, афтæ уыдзæн. — Махмæ дæр афтæ каст, фæлæ уым куы уыдаис. Ницы атсарста йæ ныхас/Уастæн Хестанты Уарийы нæ районмæ цы хуыцау æруагъта, уый дæлæмæ æрхауæд. Дзæка хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йе, ’фсымæры маст цæмæй фæсабырдæр уыдаид, уый тыххæй йын йæ разы авæрдта авджы дзаг арахъхъ, цæхджыи пами- дортæ, цыхт æмæ дзул. — Æндæр нæм рæвдз ницы ис. — Æмæ дæ куы ницы домын! — авгæй цайцымæны рауагъта Кæрæфбег. Цæй, мæ фæныккуыз хо, дæ цæ- рæнбонтæ бирæ уæд! — Уæвгæ Кæрæфбег йæхинымæ- ры скуывта: «О, хуыдау, мæ хъуыддæгтæ мын рæстмæ 152
ауадз» æмæ йæ бындзарæй анызта. Фынгæй йæ зæрдæ нæ рухс кодта æмæ, иу цыхты къæрттæй ацаходгæйæ, сыстад. — Кæдæм тагъд кæныс? — Нæхимæ, закускæмæ! — йæ хомæ тыххудт ба- кæнгæйæ, туаг каст бакодта Кæрæфбег. — Иу ма дзы аназ! — Цъæх арахъхъæй мæхи нæ марын,—уыцы чызджы цæхджын кæнут? — Æнæ ном у уыцы чызг æви йæ фыды уæларт урс дадалитæ рауатъта æмæ йын йæ ном зæгъын дæ сæр- мæ нæ хæссыс? — Æнæ ном зæгъгæйæ, адæймаджы куы ’мбарай, уæд ма дзы уый та щæмæи хъæуы. Куыд у Цæргæсимæ сæ хъуыддаг? — Сæ хъуыддæгтæ мæнæн дзурынц? — Гъе, мæ хойы гæбаз, уалæ дын заманайы сиахсаг æмæ бонкалды ныхæстæ ма кæн. Уый цур Цæргæс ницы у. йæ рыджы дæр нæ фæзындзæн, йæ рыджы. — Кæй кой кæныс, æви та уымæн дæр ном нæй? — Кæй куы зæгъай, уæд ма хъуыды кæныс, хæлцы •комбинаты мын цы хæдивæг уыдис, уый? — Цъæмæлты Шæлæты? —■ О, о. Акъуырдтай йæ. — Æмæ та йæхи ус цы фæцис? — Нæ бафидыдтой. —Мæнмæ, æртыикаг усæн кæй радтон, ахæм чызг нæй. Æмæ йын йæ кой дæр ма кæн- Цæргæсæн нæ антысдзæи фæлæ йæ уымæн дæр нæ ратдзынæн. — Цæйнæфæлтау æй Цæргæсы хуызæн арахъхъы къупърийæн радтай, фæлтау Шæлæтæн фæндзæм ус куы уа, уæддæр æм цардæй исты фендзæн. Бамбæрс- тай? Фæлæ тагъд ма кæн, ахъуыды йыл кæн! — кæрт- мæ йæ хоимæ ныхасгæнгæ ахизгæйæ, дзырдта Кæ- рæфбег. 7 Хæсанæ астæуккаг скъоламæ куы ’рхæццæ, уæд æр- гæпп кодта дыдзæлхыгæй. Бæхы дзылар фæхæцын код- 153
та кауы михыл. Федта скъолайы фæокомцæдисон орга- низацийы секретарь Æхсары. Æрхабар ын кодта хъуыддаг. Уый фæстæ бабæрæг кодта дыккаг окъола- йы дæр. Дыууæ ран дæр ын зæрдæ бавæрдтой — æмæ ныр тындзы сæхимæ. Уым æм стыр куыст æнхъæлмæ каст. «Æрбамбырд хъæуы партион, фæокомцæдисон ак- тивы æмæ сын хъуыддаг хæрз цыбырæй бамбарын кæн- дзынæн». Æмæ, æцæгæй дæр, уыцы изæр Фарныхъæуы кол- хозонтæ уынаффæ кодтой Зилгæдоны тъæпæны фарс- тыл. Рахицæн кодтой агитатортæ дæр. Æмбырды фæстæ Хæсанæ аивæй ^бамбарын кодта Мысостæн, зæгъгæ, Цæргæсы хуыдтон, фæлæ не ’рба- ■цыд. — Сæхимæ йæм бауай, уæддæр, чи зоны, рацæуа? — Цы зæгъон рагацау, нæ зонын. Ирæ æттейæ æнхъæлмæ каст йе ’фсымæры рацыдмæ. Уый бамбæрста, Цæголы фыртыуынг Хæсанæ йæхæдæг цæмæн райста, уый. Уымæн æмæ уыцы уынджы цæры Бадджериты Цæргæс. Ирæйы нæ фæндыдис ныртæк- кæ Цæргæоимæ сæм’бæлын. Хæсанæйы уайдзæфты фæс- тæ бынтондæр аххосджыныл йæхи нымадта Цæргæсы раз. Фæлæ активы æмбырдмæ æндæр уынг ракурын йæ сæрмæ нæ бахаста, уæлдайдæр Хæсанæ йæхæдæг куы равзæрста уыцы уынг, уæд. Хъуыды кодта, зæгъ- гæ, Цæргæсты хæдзармæ Хæсанæйы барвитдзынæн. Цæргæсимæ йæ сæмбæлын кæй хъуыд, уый бæлвырд у, фæлæ ацы изæр нæ. Цал æмæ йæм цал хатты æрхаты- дысты Дзæйнæт æмæ Дзибыл, фæлæ сæ ской дæр ни- куы бауагъта. Æмæ та Хæсанæйы ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. «Цæуылнæ йын ныххæцыдтæ йæ уæхсджытыл æмæ йæ цæуылнæ ныууыгътай? Цæуылнæ йæм бадаргъ (кодтай æмгары къух?» Уымæн æмæ нæ сарæхстæн. Растдæр зæгъгæйæ, та йын йæ хивæнд ми- тæн хивæнд митæй дзуапп лæвæрдтон. Æмæ уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ мæ Хæсанæ куы фæрса, цæй, мæ хо, исты ахъуыды кодтай, æви нæма, зæгъгæ, уæд ын цы хъуамæ зæгъон? Нæма, зæгъгæ, æмæ дзы кæй сайын. Уыцы хъуыддагæн «нæйыл» алыггæнæн нæй. Цæргæои- к^е баст сты мæ царды рæсугъддæр æмæ зынаргъдæр 154
хъуыдытæ. О, ахъуыды йыл кодтон, зæгъон? Æмæ цы сарæзтон? Дардмæ йæ куы фенын, уæд кæнæ мæхи ба- фæсфæд кæнын, ’кæнæ æндæр уынгмæ ахизын. Æмæ кæдмæ афтæ уыдзæн, кæдмæ? Цæмæн хъæуынц æмгæрт- тæмæм кæй хатынц, бафидаут, зæгъгæ, уыцы митæ. Цæ- уылнæ ис мæхимæ уыйбæрц хъару æмæ йæм комкоммæ бацæуон, æмудæй йемæ баныхас кæнон. Æви мыл сыл- гоймаджы лæмæгъ зæрдæйы уаг тых кæны? Æмæ уæд йæхæдæг та? Цæмæн мын кæнынц хæлар æмгæрттæ æдзухдæр йæ кой. Цæмæн æруагъта йæхи ахæм уавæр- мæ æмæ йын тæрйгъæдгæнæг сæхи скæной? Йæ сæрмæ та йæ куыд хæссы? Куы нæу мыййаг æнæ къух, æнæ къах, зондцух. Тæккæ æрæджы дæр та йæхимæ куы ’ркæсын кодта хъæубæсты адæмы. — Ирæйы цæстытыл ауадис, æрæджы уырсытæ куы хыл кодтой, уæд Цæргæс æрра уырсыл куыд багæпп кодта, ^куыд ын фæтарст фыдбылызæй æмæ сонт цъæхахст куыд фæкодта, уый. Гъеныр дæр æй Дзибылитæ куы фæмæстæй марынц. Ирæйы зæрдæ уæлдай тынгдæр ацы хъуыддаджы тых- хæй худт Кæрæфбегыл. йæ мады ’фрымæр гуыбындзæл кæй уыд, уый хорз зыдта. Иу æмæ дыууæ хатты нæ фе- хъуыста йæ фыд хабæрттæ. Æппæлæгау сæ дзырдта’Кæ- рæфбег йæхæдæг дæр. Кæддæр та хæснагыл фынддæс æмæ æртиссæдз хинкдлы бахордта. Иннæ ран та æнæ- хъæн уæрыкк. Лæугæ-лæууыы, дам, сахаты æрдæгмæ фыиддæс кружкæйы бæгæны банызта. ^ Æмæ Ирæмæ райдианы диссаг дæр нæ касти, Цæргæсимæ арæх кæй æм^бæлдысты, кæй нозтой, уьщы хабар. Афтæ æнхъæл уыд, зæгъгæ, уый Кæрæфбеджы æнæфсис ахсæны ах- хос у. Фæлæ Кæрæфбег иу цалдæр хатты куы ’рхатыдис Ирæмæ Цъæмæлты Шæлæты тыххæй, Цæргæсы та-иу фаугæ «уы ’кодта, уый арахъхъы боцкъа у æмæ дæ ис- куы и»скæмæн арахъхъы сыкъайыл ныууæй кæпдзæн, зæгъгæ, уæд бамбæрста Кæрæфбег Цæргæсыл сайдæй кæй цæуы, уый. Тынг мæнгард æм фæкаст Кæрæфбег æмæ дзы йæ сæфт федта. Уæвгæ Цъæмæлты Шæлæты кой æрцыд Цæргæсы хъустыл дæр. -Иу цалдæр хатты сæ Кæрæфбег иумæ сæмбæлын кодта. Æмæ-иу кæд Цæргæс нал куымдта нуазын, уæддæр-иу Кæрæфбег алыгъуызон стауæн гаджидæуттæ мæнгардæй мысыди æмæ сæ Цæр- 155
гæсæн барæй нуазын кодта, стæй-иу æй афтæмæй ауагъта уынгты, цудтытæгæнгæ, йæхæдæг та-иу Ирæмæ фезгъордта, дæлæ ма уынгмæ акæс, зæгъгæ. Æмæ цыма уый уыцы хъуыддаджы æппындæр ницы аххосджын уыд, йæхи-иу афтæ мæтгæнæг скодта: «Æвæджиауы лæппу уыд, мæгуыр, æмæ фесæфти». «Фесæфти», зæгъгæ, уы- цы дзырдыл-иу йæ хъæлæсы цавд фæтынгдæр кодта, цыма Ирæйæн дæлгоммæ ныхасæй зонд амыдта: дæ къух ыл ауигъ, уый лæг нал у, фесæфти æмæ дзы лæг никуыуал _рауайдзæн. Мауал æм æнхъæлмæ кæс. Ирæ- йы хъуыдытæ феокъуыдта Хæсанæйы иыхас: — Ам ма дæ, Ирæ? — Мæ цæстытæ ныуурс сты æнхъæлмæ кæсынæй. — Тагъд сæм кæныс? Ныххавдцæ сæм уыдзынæ. —- Кæй кой кæныс? — æвæндонæй сирвæзт Ирæйы ныхас. Фæлæ йæ нæ фæндыдис, йæ хорздзинадмæ бæл- лæг æфсымæримæ ацы хъуыддаджы тыххæй æмйæхсты- тæй хъазыдаид, уый. Æмæ йын æргомæй загъта: — Уæдæ уьщы уыпг дæр уымæн барæй райстай? — Æрмæстдæр. Исдуг æнæдзургæйæ цыдысты кæрæдзи фарсмæ. Ирæ ницьГ дзурынмæ хъавы, зæгъгæ, куы бамбæрста Хæсанæ, уæд æй афарста: — Гъы, æмæ куыд уæддæр? — Нæ зонын. — Уæвгæ йын зонын афон у. Ныр та, æмбал агита- тор, нæ уынг дыууæ дихы акæнæм. — Æз ам дæлæмæ. — Нæ, афтæ нæ. Цæргæсты хæдзармæ бацæуæм иу- мæ, стæй уырдыгæй дæлæрдæм цæуай, æви уæлæ- рдæм — дæ бар дæхи. Ирæ ницы сдзырдта. Сабыр къахдзæфтæгæнгæ цыд йе ’фсымæры фарсмæ. «Æз мæхæдæг айнæджы былæй ха- уын æмæ ма мæ ай та æхсойгæ кæны», — ахъуыды код- та йе ’фсымæры тыххæй. Фæлæ йæм иннæмæй та раст фæкаст Хæсанæйы ныхас «афон у». У, у, фæлæ Ирæмæ Цæргæсы раз æрлæууын æмæ уымæ комисоммæ бакæ- сынæй зæххы скъуыды ныххауын касти æшцондæр: Фæ- лæ уæддæр афон у. Æмæ йæ цыдæр æнахуыр тых лас- та Цæргæсты хæдзары ’рдæм. Цæмæдæр гæсгæ йæ тынг 156
фæндыдис Цæргæсы ’мад Къудухоны æфцæджы атых- сын. Уымæй æфсæрмы ма кæн æмæ, ставд цæссыг калгæ, дæ зæрдæйы тыппыртæ дзæбæх суадз. Хæсанæ бахоста Цæргæсты хæдзары рудзынг. Ра- касти сæм К/ьудухон. — Дæлæ ма кæй уынъш! Мидæмæ ут, — сæ размæ, цингæнгæйæ, ратахти К/ьудухон æмæ дыууæйы æфцæ- джы дæр æртыхсти. — Уæ хорзæхæй, сомы ныл бакод- тат, æви не ’мгæрæтты ацæуын уæ сæрмæ нал хæссут?! Æмæ ды та, мæ чызг, бынтондæр мæ ферох кодтай. Уынджы ма лæуут/мидæмæ. — Цæргæс нæ хъæуы, гыцци, — загъта Хæсанæ. — Цомут мидæмæ, уый дæр уæдмæ зындзæн. ■ — Мидæмæ рæстæг нæй. Уæ уынг махæн лæвæрд у дыууæйæ, хæдзæрттыл нæ азилын хъæуы. — Æмæ ай дæр хæдзар у, кæд дзы лæг нæй, уæддæр. Зæронд ус кæдæй нырмæ нал у сæрмæ хæссинаг? — Цæмæн афтæ зæгъыс, гыцци, хи хæдзары цæстæй уæм куы кæсæм! — Хъазгæ кæнын, хъазгæ, Хæсанæ, дæ нывонд фæуон, фæлæ уый гыодийы. мард фенæд, мидæмæ/ нæм чи нæ ’рбауайа! — æрхатыд сæм ногæй. — Заманайы уæли- выхтæ ракодтон æмæ æвгъау сты уазалкæнынæн. — Гыцци, афонмæ дæр афтæ загътаис æмæ! — Къу- духоны хъазæн ныхæстæн, хъазгæйæ, дзуапп радта Хæ- санæ дæр. — Ирæ, цалынмæ æз гьщцийы уæливыхтæй мæхи хорз фенон, уæдмæ иу къахдзæф дæр никуыдæм уал акæндзынæн. Дæуæн та бар дæхи. Дæ бон у Де ’хсæвæр æндæр хæдзармæ бахæссай. — Уый мæ чызгæй афтæ зæгъыс!— Ирæйы цонгыл фæхæцыд æмæ йæ мидæмæ йемæ баскъæфæгау кодта. Ирæ æмæ Хæсанæйы уайтагъддæр стъолы фарсмæ аба- дын кодта. Стъолыл, хуынхæссæн стыр тæбæгъ сæ бы- ны, иннæ сæ уæлæ, афтæмæй æвæрд уыдысты уæли- выхтæ, æвæццæгæн, цæмæй ма уазал кæной, уый тых- хæй сæ бамбæрзта. Уæллаг тæбæгъ фелвæста æмæ уæ- ливыхтæн сæ царв сæ сæрты ленк кодта. Бакодта окъаппы дуар, райста дзы графины дзаг сырх арахъ æмæ цыппар тæбæгъы. Фæйнæ дзы авæрдта Ирæ æмæ 157
Хæсанæйы раз, иу — йæхи, аннæ та — афтид бандоны комкоммæ, æвæццæгæн, Цæргæсæн. Рауагъта нозт. — Гыцци, ды цæмæн фыдæбон кæныс? — Гъæ, Хæсанæ, дæ нывонд фæуон, мзе уд дæр уыл уый куы фестид æмæ уын исты лæггад куы бакæнин. Л1æнæ мæ чызгæй бирæ хорздзинæдтæ зонын. Хæсты -цьшпар азы мæм уæлдай буцдæрæй касти. Цæмæй йьш бафиддзынæн æз та йæ лæггæдтæ? Ирæйы цæсгом фырæфсæрмæй ^сыгъд. Хæсанæ йæ- хи æнæуынæг скодта. Уæвгæ йæ хомæ бакаст, уæд уый ноджы тынгдæр ныфсæрмы уыдаид, рагацау Къудухоп- æн чындзы лæггæдтæ кæй кодта, уый тыххæй. — Æвналут, уæ фæхъхъау фæуон, æфсæрмы ма кæ-' нут. Кæм хъеллау кæны нæ къулбадæг лæппу райсо- мæй нырмæ, хуыцау йæ зонæг. Цæй бæрц мын йæ хæс- тон хъуыддæгтæй мæ зæрдæ барухс кодта, уый бæрц мын ныр та мæ зæрдæ къахы, Хæсанæ. — Гыцци, æвæццæгæн, дæ чындзæхсæв домы? -- хъазгæ ’мхасæн сдзырдта Хæсанæ. — Мæ цард дæр ын уый куы фестид, фæлæ нозтыл æгæр фæцайдагъ. — Фырмæстæй! Хæсанæйы ныхæстæм Ирæ ныуулæфыд, æмбæрста сæ йæхирдæм æмæ сындзытыл бадæгау кодта. Аннæ- мæй йæ дисы бафтыдта йе ’фсымæр. Афтæ уæндонæй йæ нæ зыдта. — Хæсанæ, æгæр æрæджы кæнæм! — йе ’фсымæр ма исты куы сдзура, уымæй тæрсгæйæ, хъуыддаг фæ- тагъддæркæнынмæ рахъавыд Ирæ. — Цы тагъд кæныс, дæ нывонд фæуон! — графины арахъхъ йæ размæ байсгæйæ, рæвдаугæ хъæлæсæи сдзырдта Къудухон. — Нырма Хæсанæ мæ нуазæн куы нæма банызта. — Ирæ, гыццийы дзаджджын уæливыхтæй мæ мæ къах нал хæссы. Фæлæ, гыцци, дæхæдæг Хæсанæйы мард фен, нозтæй ма мæм куы ’рхатай. Нозтыл куыд дæн, уый де ’нæзонгæ нæу. — Хорз, хорз дæ нывоид фæуон, уымæй лæг /ном никуы ма ссардта. ->— Гъе, ныр та, гыцци, нæ цыды сæр цæуыл уыд æмæ 158
Цæргæсы дæр цæмæн агуырдтам, уый дын зæгъон. Нæ дыууæ колхозы дæр офæнд кодтой Зилгæдоны тъæпæ- нæй иу чысыл уæддæр бафæлварын. — Уæдæ Ахберды бæллиц баххæст кæныны рæстæг дæр ралæууыд! — къахбынæй сулæфгæйæ, загъта Къу- духон. — Кæддæр æй махонимæ дæр бафæлварынмæ хъавыдысты, фæлæ сæ се ’ннæ ’мбæлттæ фæсайдтой. — Гъемæ нæм, æвæццæгæн; æххуысмæ дæр фæзын- дзысты. Цæргæсмæ дæр уымæ æрбауадтæн. — Æмæ æз кусынæн рагæй нал бæззын? Æви зæ- рæдты нæ бауадздзыстут у,æ зиумæ? — Уадзгæ та, табуафси, фæлæ мæ тынг зæрдиагæй фæндыдис Цæргæс дæр райсом уым куы уыдаид. Тынг æхсызгонæй хъуыди. Гыцци, стыр дзæбуг уæм кæддæр зыдтон. — Уæртæ сарайы ис ныр дæр, дæ сæрыл хает фæуон. — Уый дæр ма-иу йемæ рахæссæд! — цыма Цæргæс æнæмæнг кæй рацæудзæн уый бæлвырдæй зыдта, уы- йау барджынæй бафæдзæхста Хæеанæ. Уæвгæ та уыдо- нæй иуы дæр нæ уырныдта уьщы хъуыддаг. Къудухон еуанг’уынгмæ рахызти сæ фæстæ. — Ирæ, гъеныр ды уæртæ Дзибылтæм бауай æмæ уыимæ, (кæнæ та æххæст Дзæйнæты дæр фен æ,мæ æр- тæйæ азилут дæлæрдæм, ардыгæй къаддæр хæдзæрттæ ис. Æз та уæлæрдæм азилдзынæн. Иунæгæй зилынвæнд ма скæн, иакæй /куыдз дыл фæхæцдзæн. — загъта Хæса- нæ. — Мæнæн ма тæрс, дæхи хъахъхъæн. — Æмæ йын цыма изæрæй нырмæ цы хъазæн ныхæстæ кодта, уый маст дзы иста, уьшау ын йæ хъусы сусæгæй бадзырд- та: «Иунæгæй æнкъард нæ кæндзынæ?» Хо æмæ æфсымæр дæргъæй-дæргъмæ уынджы араст -сты дыууæрдæм. Къудухон тæхудиаггæнæджы цæстæй каст дæлæрдæм, цалынмæ йын æхсæвы фæлм йæ кæд- дæры чындзаджы нæ бахъæбыс кодта, уæдмæ. 8 Дыккаг бан райсомæй базмæлыдысты Фарныхъæуы ^цæрджытæ. Диссаг, знон бынаты тыххæп нæ баныхас кодтой, æмæ кæд æм^бырд кæнынц Сырхауты Ахберды 159
хæдзары дуармæ. Афтæ ма фембырд кæнынц нæ ирон адæммæ, куывд, чындзæхсæв, гъе зианы рæстæджы. Фæлæ абон ахæмтæй ницы ис Ахбердмæ. Уымæн абон у йæ царды тæккæ ахсджиагдæр бонтæй иу. Абон хъæу- бæсты адæм уый хæдзары размæ æмбырд кæнынц æд кусæнгæрзтæ: белтæ, ломтæ, фæрæттæ .æмæ тæсчъы- тимæ. Хъæуы са^рæй æрыхъуыст ирон фæндыры цапвд, къухæмдзæгъд. Ахберд фестъæлфыд. Уый ирон фæн- дыры цагъдмæ хъусынæй никуьг бафсæсти. Цин кодта кæддæриддæр адæмы циндзинадыл. Фæлæ йын ныр ирон фæндыры цагъдæмæ къухæмдзæгъд уыдыстыхъыг. йæхинымæры дæр ма сдзырдта: «Хуыцау сын æй ма ныббарæд, кæд сæ цины хъуыддаг абонмæ цы ’рхас- той». Ахберд æнæ гуырысхойæ æнхъæл уыд, зæгъгæ, хъæубæсты ис чындзæхсæв. Адæмы размæ æрхæццæ сты, сæ хъазт ноджы фæтынгдæр кæнгæйæ, районы культурон хæдзары кафджыты хихъæппæрисон къорды лæппутыл ирон цухъхъатæ æмæ куырæттæ, бухар худ- тæ, сæрак цырыхъхъытæ, сæ астæутæ нарæг сау гæрз, æргъæвæгджын рæттæй — æнгом æлвæст. Ахберд нæл- гоймæгтæхМ фæкомкоммæ æмæ йæ цæстытыл не 'уУæн" дыдис, диссаджы ныв фенгæйæ. Хъæубæсты адæмæй чидæртæ бахудтис. Иæ разы лæууыдис Ахбердæн йæхи халдих, чырс кæуыл æрбадт, ахæм лæг, рæсугъд цыбыр боцъотæ йыл, бæзджын тар æрфгуытимæ. Кæддæриддæр Ахберд йæхæдæг куыд хæрздаст вæййы, афтæмæй. Æмæ ма уый дæр диссаг нæу, хуызæнæй-хуызæнмæ, дам, лæг амардæуыд^ афтæ-иу дзырдтой и’рон адæммæ. Фæлæ диосаг уый у, æмæ йæ уæлæйы дарæс дæр Ахберды дарæсы хуызæн уыд. Б»ухар худы бæсты йæ сæрыл уы- дис къæбæлдзыг сау фысдзармæй ирон худ, фæнык- гъуыз цухъхъайы, цырыхъхъыты бæсты йæ къæхтыл ироы фæсмынæй хъусджын дзабыртæ æмæ зæнгæйттæ. Ахберд-иу стыр æмæ ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл искуыдæм куы цыд, уæд-иу йæ къухмæ цы цым лæдзæг райста, йæхи конд бæлоны нывтимæ, уый къухы дæр кæд уыдис ахæм лæдзæг. Ахберд хъавыдис сæхимæ ба- цæуынмæ æмæ йæ дарæс фенынмæ. Фæлæ уæдмæ кæнгæ «Ах’берд» йæ рахиз къух хæрдмæ сдардта æмæ фæсивæ- 160
ды хъазт æвилшайды фескъуыд. Ничиуал сæ фезмæлыд йæ бынатæй. Кафгæ цы чызг æмæ лæппу кодтой, уыдо- нæн сæ къухтæ фæйнæрдæм рæсугъд здыхтæй уæхс- джыты акомкоммæ тыгъдæй баззадысты æмæ афтæмæй лæууыдысты. Кæнгæ «Ахберд» хъæубæсты адæмыл йæ цæст ахас- та æмæ сын раарфæ кодта: — Фарны хъæубæсты цæрджытæ, арфæ уын кæнын уæ цины бæрæгбоны тыххæй. Уæ хъæубæсты фарн æмæ хъæздыгдзинадыл ма ноджыдæр бафтæд Зилгæдоны тъæпæны хорзæх. Фехъуыстам уæ бæрæгбоны хабар æмæ кæй бон у ахæм ниндзинады иувæрсты ацæуын. Æмæ «Ахберд» бацыди Ахберды размæ. — Кæд уын хъыг нæ уыдзæн, уæд уып уæ зиуы мах дæр æрдуйы бæрц баххуыс кæндзыстæм? — Чи стут, уæ хорзæхæй, уæхи нын базонгæ кæ- нут? — уазæджы къух райсгæйæ, загъта Ахберд. — Æз районы культурæйы Хæдзары директор Сæл- биты Тасолтан, уæртæ, бахатыр кæнæд, фæлæ сæ кафт кæмæн фескъуыдтон æмæ къухтæхъилæй чи баззад, уы- дон та Дзибыл æмæ Дзæпнæт. Фæндырдзæгъдæг — райæххæсткомы техникон секретарь уæхи Сырхауты Ирæ. Иннæтæм дæр бæлвырддæр куы бакæсат, уæд сæ базондзыстут. Адæм фырхудæгæй артæнбын хæлдтæ кодтой. — Фæсивæд! — йæ къух фæхъилкæнгæйæ, сдзырдта Сæлбийы фырт æмæ та хъазт æвиппайды цырынæй рай- дыдта. Дзибыл нал ауæрста йæ къахфындзтыл. Цъи- лау зылд Дзæйнæты алыфарс. Уæдмæ ноджыдæр фæ- зындысты хисдæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ æд тыры- сатæ. Ардæм фæзындис Хестанты Уари, Мысост, Хæса- нæ æмæ ма чидæртæ иу къорд уæзласæн машинæимæ. — Рæстæг сафын пайда нæу, — хъуыддаг фæтагъд- дæр кодта Уари æмæ, уæзласæн машинæты сбадгæйæ, араст сты Зилгæдоны тъæпæнмæ. Иу къорд адæйма- джы та ацыдысты бæхуæрдæттыл, цыбырдæр фæнда- гыл. Машинæтæ уæллаг хидыл ацыдысты. Дæллаг хид нарæг æмæ лæмæгъ арæзт уыд æмæ йыл бæхуæрдæтты .11* 161
йедтæмæ машинæты цæуын пæ уагътой, ныттондзæн, зæгъгæ. Чи барæджы кодта, уыдон дæр нæ ныллæууыдысты хъæуы, фистæгæй тындзыдтой Зилгæдоны тъæпæнмæ. Чи зоны, хъуыддаг сæм цас цымыдис кастис, уып бæрц сæ кусын нæ фæндыдис. Фæлæ дысон æнæхуыссæг чи фæцис æмæ абоп сæу- мæцъæхæй Ахберды хæдзары размæ чи тагъд кодта, ахæмтæ дæр дзы чысыл нæ уыд. Тагъдгæнджытæй уы- дысты Дзибыл æмæ Дзæйнæт дæр. Цæвиттон, знон ХестантьгУари фæдзырдта Сæлбиты Таоолтанмæ æмæ йын, Зилгæдоны хабар ракæнгæйæ, загъта, æвзæр нæ уаид, куыстмæ культурæйæ дæр куы фæкæсиккат. Мæ бар уадз, зæгъгæ, йын загъта Тасолтан æмæ уайтагъд- дæр рацыд фæстæмæ. Уый та хъуыддаг бамбарын код- та йæхи адæмæн. Баныхас кодтой, абон цы ми кæндзыс- ты, уый тыххæй. Дзибылæн бафæдзæхста æппæт амæлт- тæй дæр Ахберды дарæс ракурын. Ахбердæн йæхимæ кæм бауæндыдис, фæлæ сæ уый сусæгæй йе ’фсинæй ракуырдта. Æнæхуыссæг фæцис дысон Цæргæс дæр. Уый уы- дис районы. Федта, сагъæсты йæ чи баппæрста, ахæм киноныв. Кинойы фæстæ сабыргай цыд сæхирдæм. Хæрæндоны уонг куы ’рхæшцæ, уæд фæлæууыд, æхца йæм уыд, рахъавыд иу баназынмæ. Иу цалдæр къах- дзæфы уæвгæ бакодта хæрæндоны ’рдæм. Стæй æрлæу- уыд. Зæгъгæ, йын уыцы минут исчи æфсонæн *афтæ ба- кодта: «Цом, Цæргæс, фæйнæ дзы баназæм», уæд ын «нæ» нæ загътаид. Уый нæ, фæлæ ма йæ Цæргæс йæхи æхцайæ дæр хорз бахынцыдтаид. Фæлæ дзы ахæм зæ- гъæг нæ фæци. йæ хъуыдытæ, сахаты фатæгау, дыууæ- рдæм кодтой. Ныххиза æви ма ныххиза. Æмæ цæмæ- дæр гæсгæ уьщы минут йæ цæстытыл ауадысты стъолы фарсмæ бадгæ Цъæмæлты Шæлæт æмæ Алæмæтаты Кæрæфбег. Цæргæс, йе ’рфгуытæ фæтаркæнгæйæ, цæх- гæр фæстæмæ фæзылд. «Нæ, æз уыдонимæ, иу фынгыл нал сбаддзынæн. Куы сбадон, уæд сын æнæ фæнæмгæ нæ уыдзæн. Æмæ уый та лæджы хорз хъуыддагмæ не ’ркæндзæн. Мæнгард адæм! Мæнгард адæм! Разæй мид- былты худынц, фæстейæ — счъилнорттæ лыг кæнынц. 162
Фæлæ Кæрæфбегæн уый æнхъæл нæ уыдтæн, уæддæр, Шæлæтæн мæ сусæгæй кæд нымудзы Ирæйы. Фæлæу- ут уал. Тагъд ма кæнут, Цæргæс нæма амард». Цæргæс ратындзыдта сæхимæ. Фæндагыл æй уысмы бæрц дæр цух нæ уагътой йæ хъуыдытæ. «Ирæ, Ирæ!» Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сирвæзт йæ рыст зæрдæйы са- быр хъæрзт. Сæхимæ куы бацыд, уæд ын йæ мад Къудухон загъ- та, зæгъгæ, дæ Х^есанæ æмæ Ирæ агуырдтой. Ирæйы ныфс æмæ хъару. Фæлæ уæдмæ Къудухон йæхæдæг бынат нал ардта. Бæлвырд нæ зыдта, цæмæн æм фæ- зындысты хо æмæ æфсымæр. Кæд мыййаг цæхгæр фес- къуынынмæ хъавы, æнæуи дæр се ’хсæн цы уарзондзи- над нал хæцыд, уый. Æмæ йæ кæд фæндыд йæ мады истæхмæй афæрсын, уæддæр æм нæ разынд уый бæрц ныфс æмæ хъару. Фæлæ уæдмæ Къудухоы йæхæдæг æрхабар кодта, цæмæн æй агуырдтой, уый. Цæргæсы кæд йе ’рхæндæг тæссаг хъуыдытæ фæуагътой, уæддæр æй нæ уырныдта, Ирæйы æрбацыд. Фæлæ буфеты дык- каг тæрхæгмæ куы .фæкомкоммæ æмæ дзы вазæйы рæ- ,сугъд фæткъуытæ куы ауыдта, уæд ахъуыды кодта. ’Уæдæ сæ æндæр кæй тыххæй схастаид- гыцци къæби- цæй. Æмæ йæ сабыргай уырнын байдыдта, æцæгæй дæр сæм и<æ,й уыдысты Ирæ æмæ Хæсанæ. Фæсмон код- та, сæхимæ сæ кæй не ’рбаййæфта, уый тыххæй. Æвæц- цæгæн, Хæсанæйы руаджы бафидыдтаиккам. -— Æхсæвæр нæ ^кæныс? — йæ фырты раз уæливых- тæ æмæ ма граф’ины цы арахъхъ уыд, уый рывæргæйæ, загъта Къудухон. Цæргæс графин иуварс авæрдта. Уып фæндыд ацы хатт уæлдай лæмбыпæгдæр ахъуыды кæ- нын йæ царды фæндагыл. Къудухон уæвгæ йæ фыртæн зæгъынмæ хъавыди, фæлтау-иу ам нæхимæ баназ, уæд- дæр, дæхи адæмы щæсты ма ’фтау. Фæлæ йын ахæмæй ницы загъта. Мады ахæм уайдзæфты фæстæ-иу бын- тон рафт-бафтыл фæцис Цæргæс, æнæхуыссæг-иу фæ- цис мад йæхæдæг дæр, йæ фырты зæрдæрыстмæ кæс- гæйæ. Уымæй мад хатыд, йæ фырт ацы изæр нозтджы- нæй кæй не ’рцыд, уый. Изæры сæм Хæсанæ æмæ Ирæ куы уыдысты, уæд уымæй тарст, мыййаг та Цæргæс нозтджынæй ’куы фæзына, зæгъгæ. Æрæгмæ кæй цыд, 163
уый ма йын æхсызгон дæр уыд, кæд ыл иннæ хæттыты фæмæт кæны, уæддæр. Нæ йæ фæндыд æмæ Ирæйы раз- мæ йæ фырт æгуыдзæг хуызы фæзындаид. Фæлæ æрвон- гæй куы æрцыд Цæргæс, уæд та йæхинымæры загъта: «Тæхуды, раздæр куы фæзындаид». Цæргæс æфсоны хæрды фæстæ йæхи айсынмæ хъа- выди Сырхауты ’рдæм. Цæугæ сæм .кæ’цæй бакодтаид, уый ныфс ын цы хуыцау радта, фæлæ сын сæ рудзгуы- гæм дардæй сусæгæй бажастаид. Æмæ афтæ та иу æмæ дыууæ хатты нæ бакодта мыййаг. Ирæимæ фæхылы фæстæ тыхæй дыууæ ’хоæвы йæхи баурæдта, стæй алы изæр дæр хъуамæ ацы уынгты йæхифæцæуæг кодтаид, æмæ-иу аивæй йæ цæст дардта Ирæйы уаты рудзынг- æмбæрзæнтæм, уæлдайдæр сæ-иу цырагъы рухс куы калд, уæд. Фæсаууонæй-иу æнхъæлмæ каст, рудзынг- æм’бæрзæнты цур кæд фæзындзæн æндæрг, зæгъгæ. Фæлæ сæ кæртмæ куы рахызт, уæд йæ фæнд аивта. «Æнафон у ныр æмæ мæ исчи куы фена, уæлдайдæр ацы мæйрухс æхсæв, уæд чи цы хъуамæ ахъуыды кæна. Хахуыр æвзаг та нырма цыргъ цæвæгæй фыддæр кæр- ды. Быхсын хъæуы æндæр гæнæн нæй!» — æнкъар- дæй сулæфьгд, Цæргæс. «Тæригъæдджын уат, адæм, кæд мын йе ’ндæрг уынын та цы хæлæг кæнут. Адæм. Æрра дæн æз дæр, хахуыргæнджыты адæмыл чи ныма- йы. Уыдон æнæниз буарыл хъæдгомæй уæлдай не ’сты». Уынгты уæлæрдæм чидæртæ фæцæйдыдысты Зилгæдоны тъæпæны тыххæй ныхасгæнгæ. «Диссаг,—аосъуыды код- та Цæргæс, — цæмæ мын хæссын кодта Хæсанæ æф- сæйнаг дзæбуг та? Æмæ сæм æниу щæугæ кæнын, цæу- гæ? Гъа? Цæуыл нæ уæд?» — æмæ, кæрты кауыл бан- цой кæнгæйæ, фыццаг хатт Цæргæс ныхъхъуыста йæ зæрдæмæ. Фыццаг хатт æм сдзырдта йæ цæсгом: «Ахъуыды кæн, Цæргæс, дæ фæндагыл!» • Æмбисæхсæв... фæбонырдæм. Сæ дынджыр уасæг цыма дысон бопмæ æппындæр нæ бафынæй, уыйау йæ дом’бай базыртæ хъæддых тъæпп-тъæпп æркодта æмæ зæлланг хъæлæсæй ныууасыд: «Хъи-хъри-хъу-у!» Уай- тагъддæр ын дзуапп радтой сыхæгты уасджытæ, стæн хъæубæсты алы рæттæй хъуыст уасджыты хъæрахст. Сы^хауты Ахберды хъуыддаг Цæргæсмæ цæмæдæ;з 164
гæсгæ сæ уасæджы уасты хуызæн фæзынд. Уып фидс’- рæй уырныдта, уымæн дæр райсом дзуаппдæтджытæ кæй фæзындзæн. Æмæ ахæм хъуыдытæ кæнгæйæ, ми- дæмæ куыд фæцæйцыд, афтæ ба’каст сæ сугдоны ’рдæм æмæ кæд талынджы ницы фенæн уыд, уæддæр йæ цæс- тьпыл ауад се ’фсæйнаг дзæбуг. ЗИЛГÆДОНЫ ТЪÆПÆН Хæзна 1 Дардыл ныззылди Зилгæдоны тъæпæн. Рагуалдзæ- джьг хуры тынтæ йын зыдæй ныхъхъуырдтой, даргъ зымæджьк^ фæстæ ма йыл цы чысыл умæлы муртæ уыдис, уыдон. Цавæрдæр цуанон лæг дыууæхсто- ■ны йæ къухы æркъæппæввонгæй, егар куыдзимæ зылд, Зилгæдоны тъæпæны цы иугай къудзитæ уыдис, уыдоны. Æеæццæгæн, къудзиты бын оырдтæ агуырдта. Уæдмæ фæзындысты зиууон адæм æмæ Зилгæдочы тъæпæн фехъал йе ’нусон сабырдзинадæй. Адæмы хъæ- лæбамæ фехъал сты, къудзиты бын зымæгиуат чи код- та, цалдæр ахæм тæрхъусы. Райдианы сæ нæ дæр цуа- нон лæг ауыдта, нæ дæр егар. Æвæццæгæн, уымæй раз- мæ къудзиты бынмæ куыд сабырæй хъуызыдысты, куыд цырддзастæй касхысты, сæ уыцы æппæт æргом дæр йæ- химæ аздæхта, бæрæгбоны хуызæн ардæм æд тырысатæ чи фæзынд, уыцы адæм. Фæлæ егар æвиппайды куы агæпп кодта, уæд лæг дæр фестъæлфыд. Ауыдта егар кæцы ’рдæм азгъордта, уым кæй фæцæй лыгъдис стыр фæныкгъуыз тæрхъус. Уый, æвавдцæгæн, йæ куыдзыл йæ зæрдæ дардта, гъе куыдзыл топпы нæмыджы схъис- тæй исты куы сæмбæла, уымæй тарсти, æмæ нæ фехс- та тæрхъусы. Фæлæ зыдæй йæ цæстытæ ахаста быды- рыл, ауыдта дзы дыууæ тæрхъусы лидзгæ, сæ иу æгæр адард, фæлæ йæм иннæ ком^коммæ æрбацæйлыгъд. Хъавгæ йæм нымкодта, фæлæ йæ не ’хста. Тæрхъус уд- аистæй згъордта размæ. Фæлæ лæг хурскæсæны ’рдыгæй лæууыд æмæ йæ тæрхъус нæ уыдта, æви фæстæ ’рды- 165
гæй æгæр бирæ хъæрахст хъуыста æмæ уымæй тарсти, бæрæг нæ уыд, згъордта размæ. «Гъеныр нал аирвæз- дзæн»,-— фидарæй куы сдзырдта лæгмæ йæ зæрдæ, уæд тæрхъусыл фæхъæр кодта: «Гъæй, зылынцæст, нал аир- вæздзынæ!»—æвиппайды хъæрмæ тæрхъус метры бæрц фесхъиудта хæрдмæ. Уыцы рæстæджы фæцыд топпы гæрах æмæ тæрхъус зæхмæ æрхаудта. Дардæй йæм чи каст, уыдонæй бирæтæм стыр диссаг фæкаст арæхст- джын цуаноны ми. Цуанон тæрхъусы йæ хъусæй систа æмæ бузныджы цæстæй акаст, чысыл раздæр йæхины- мæры кæмæн акуывта, хуыцау уын æй ма ныббарæд, кæд цæй раджы фæзындыстут, зæгъгæ, уыцы адæммæ. Уæдмæ æнуд уастгæнгæ иу тæрхъус иæ дзыхы æрбас- къæфта егар дæр. Лæг райста тæрхъусы, æркæстытæ йæм .кодта æмæ тугæйдзæгтæ нæу, зæгъгæ, йæ куы фед- та, уæд йæ куыдзмæ сдзырдта: «Æнцонæй дæ къухы бафтыд»æмæтæрхъусыудæгасæй иывæрдта, йæ фарсыл цы хызын баст уыд, уым. Тæрхъус йæ тарст ризынæй не ’нцад, зыр-зыр кодта, стæй-иу исдугæй-исдугмæ фес- тъæлфыд. Цуанон йæ мæлдзыгарæзт æлвæст даргъ куыдзимæ |цыд адæмы ’рдæм. Хестанты Уари цуанон лæджы топпимæ зилгæ куы ауыдта Зилгæдопы тъæпæны, уæд Ахбердæы хъазгæйæ, бакодта: — Ахберд, дæ зæххæн хицау куы ис, уæд. нæ цæгъ- дын кæныс? — Ахæм зæххæп сæрæн хицау кæй разындзæн, ууыл æз мæ цардчцæрæнбонты никуы фæгуырысхо дæн. Уари бамбæрста Ахберды ныхасы стыр хъуыды. Адæмæй бцрæтæ сæ цæстытыл не ’ууæндыдысты, сæ цæстыты раз лæууыдис дыууææхстон топпимæ Бад- джериты Цæргæс. — Æфсымæр, цæгъдгæ нæ кæныс, æви цы хабар у?— хъазгæ ’мхасæп æм сдзырдта Мысост. — Æмæ уыл салютимæ куы сæмбæлдтæн! — аккаг дзуапп радта Цæргæс æмæ сын мард тæрхъус сæ- къæх- ты размæ баппæрста. — Кад æмæ намыс уæлахиз хæсджытæн! Уари тæрхъус систа æмæ йæм æркæстытæ кодта, стæп та Цæргæсмæ бакаст.* 166
— Диссаджы рæствæндаг фæдæ. — Хæрзæмбæлæг стут æмæ уымæн афтæ у. — Мысост, цымæ ацы адæмæп сихоры фаг нæ уы- лз:ен? — афарста Уари. — Кæд Кæрæфбег ам нæй," уæд цæуылнæ? -- дар- дæй сæм æрбадзырдта Дзибыл. Адæм бахудтысты. — Цы ма фæцух уа, уып та мæнæй! — загъгя Мы- сост дæр. — Кæд уал зæгъын, Цæргæсæн æххæст йæ иннæ тæрхъус дæр æфстау райсæм- Уæдмæ ам нæ колхозтæн уыдзæи тæрхъусы фермæтæ æмæ йын сæ уæд бафид- дзыстæм. — Æмæ цы, Дзибыл! — ныхас айста Ахберд, — ба- уырнæд дæ; тæрхъусты фермæйæн хуыздæр бынат не ’ссардзынæ. Цæргæс йæ хызын систа æмæ йæ егар куыдзы разыт баппæрста. Хызын фезмæлыд æмæ йыл куыдз йæ къах æрæвæрдта, цыма тæрхъусы фæдзæхста: «Лидзынвæнд ма скæн, ай æппæт адæмы цур мæхи нæ фæхудинаг кæн- дзынæн!» Хæсанæ йæхи æввахсдæр баласта Цæргæсмæ æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — «Æфсæйнаг дзæбуг та?» —Уæртæ йæ къудзиты ба-мбæхстон! Хæсанæ стыр бузныджы цæстæй бакаст йе ’рдхорд- мæ. Адæмæй бирæтæ бавнæлдтой куыстмæ. Чи къудзи- тæ лыг кæнынмæ фæцис, чи дуртæ уидзынмæ. — Афтæ ницы, — загъта Мысост. — Адæм чысыл не сты, фæдихтæ сæ кæнæм къордтæ-къэрдтыл. Алы къор- дæн дæр рахицæн кæнæм йæ зæххы фадыг. Æмæ уæл бæрæг уыдзæн, ч1и' цас сарæхса, уый. Ахберд, зæхх ныр уарæм, æви йæ ^куы ссыгъдæг кæнæм, уæд?~ — Кæд ын æнæуаргæ нæй, уæд æй куы бахуым кæ- нæм, ,уæд. — Разы дæн æз алцæуыл дæр. Зилгæдоны тъæпæны зæххæй иу дæс гектары æр- дихтæ кодтой æмæ дзы-алы хайы дæр æрлæууыд хицæн къорд. Къордтæ сæхæдæг дихтæ кодтой чысыл цæгтыл. Иутæ сæ лыг кодтой къудзитæ, къахтой сын сæ уидæгтæ 167
бындзарæй, аннæтæ уæззау æфсæйнаг дзæбугтæй пыр\* кодтой, иугай лæгтæ сисын, гъе, атулын кæй нæ фæрæз* той, ахæм дурты. Æртыккæгтæ лыстæг дурты уыгътой тæсчъытæм æмæ сæ кодтой дурдзæндтæ. Ахæм стыр кæритæ ма фæкæны уæртæ Уналы милуанер колхоз йæ диссаджы фæткъуытæй. Æдзæрæг быдыр цардæгас фес- тад. Куыст бацайдагъ ерысы бындурыл. Зæрæдтæй чн- дæртæ халамæрзæнæй æмбырд кодта, къæцæлы хуызæн хъандзалæй чи лæууыди, уыцы зайæгойты хус зæнгтæ æмæ сыл арт бандзæрстой. Адæм, мæлдзгуыты губак- тау, змæлыдысты, са- гуым-гуым ныхасы æхсæнæй уæл- дай бæлвырддæрæй хъуыстысты æфсæйнаг дзæбугты тыхджын къупп-къупп. Азауы зæххы ставд дуртыл Цæргæс зылд йе ’фсæйнаг дзæбугимæ æмæ сæ пырх кодта. Дзæбуг уыд фæрæт æнгæс арæзт. Уыд ын цæгат æмæ ком. Цæргæс-иу комы ’рдыгæй дур цалдæр хатты иыццавта. Тыхджын цæфæй-иу дур цæхæртæ акалдта, фæлæ дзы-иу къæрдтытæ дæр фесхъиудта. Уый фæстæ- иу дуры ныггуыппытæ кодта цæгаты ’рдыгæй æмæ-пу дур базгъæлæнтæ, куы та-иу дыууæ дихы дæр фæцис. Уæзласæп машинæтæм калдтой ставд дуртæ æмæ сæ хуымы иу кæронмæ ластой, стан аразынæп хорз дуртæ сты, зæгъгæ. Дзибыл йæхи æрбасæрфта Дзæйнæты рæзты. Дзæй- нæт æмæ Ирæ дыхъусыг тæскъмæ уыгътой дуртæ. Иннæ адæм æн куыннæ фехъуыстаиккой, афтæ, Цæргæсы ’рдæм цæстæй ацамонгæйæ, Ирæйы хъусы сусæгæй бадзырдта. «Сымахæн уæ хъару бирæ у, фæлæ нæхиуоны маргæ кæныс, æви йын цавæр стыр тæокъ хæссын кæныс?» — Ма йын тæрс, Дзибыл, ниды йын уыдзæи, — Цæр- гæс æй куыд фехъуыстаид, ахæм дзуапп радта Ирæ. Дзæйнæт фехъуыста Дзибылы ныхас, æмæ, йæхи барæйг фæтызмæгкæнгæйæ, сдзырдта: — Дзæгъæл дзурыны бæсты фæлтау тæскъыл схæц. — Цæргæс, — ахъæр кодта Дзибыл. Цæргæс æм фæкаст æмæ Ирæимæ фемдзаст сты, — мæнæ чызджытæ куыд зæгъынц, тæрхъусы дзидза, дам, нæ хъæуы. Ирæ фæрæхуыста Дзибылы фарс. — Æмæ æвдæлон куы дæ, афыц сып! — æрбадзырд- та сæм Цæргæс дæр. )Г)8
— Дæ къухæйдзаг, дам, фарсыл тынгдæр бахæцдзæни. — Хæсгæ) — тæскъы хъусыл схæцгæйæ, фæхъæр код- га Дзæйнæт æмæ Ирæимæ дынджыр тæскъ атской код- той Дзибылæн. — Ирæ, — тæскъ йе ’ккой, афтæмæй чызджытæм комкоммæ ’бакасти Дзибыл, ■— гъеныр тæригъæд нæ дæн? — Цу, цу, ницы дын уыдзæн, —афæндараст æй код- та дурты цæндьг ’рдæм Дзæйнæт. Ахберд, Уари æмæ Мы-сост зылдысты Зилгæдоны тъæпæны. Ахберд-иу зæххæй сæппæрста цалдæр белго- мы. Къахт сыджытæй-иу йæ армы дзаг систа æмæ йæ .уыныи кодта Уари æмæ Мысостæн. — Мæнæ ма кæсут, мæнæ. Тулдзджыны зæххæй би- рæ хъæзныгдæр у. Йæ хъæзныгдзинадмæ æнусты дæр- гъы бавналыны хъомыс кæмæн пæ уыд, ахæм хъæзныг зæхх. Сыджыт нæу, нæ, фæлæ сыгъдæг хæзна! — йæ цæрæнбонты бæллиц кæй æххæст кæны, уыцы æгæрон цин йæ зæрдæйы нал уромгæйæ, дзырдта Ахберд. Алы рæттæй топпытæй æхсæгау кодтой æртытæ. Уый зæронд кæрдæджытæ æмæ хус къæцæлтæ куы ссыгъ- дысты, уæд црен артыл калын райдыдтой тъупгæнджы- тæ. Уыдоныл та тсалдтой конд къудзитæ. Бирæ рæтты æртытæ сойгæнæны æртытæй фестырдæр сты. Сæ зынг æвзæгтæ зындысты дардмæ. —Ацы тъупгæнджытæ мын ирон чындзæхсæв мæ зæрдыл лæууын кæнынц, Цæргæс, — Цæргæсмæ йæхи баласта Дзибыл. — Цымæ Ирæйы ачындз кодтам æмæ- хæдзармæ куы баввахс стæм, уæд тэ-пп фæдисонты æр- витæм равæй, афтæ мæм кæсы. — Дзибыл, мæ къухы цавæр дзæбуг ис, уый уыныс! — сусæгæй йæм сдзырдта Цæргæс- — Дæхи фыдбылызы ма ’ппар. — Алæ-ма, хуыцауы тыххæй, æз дзы ницы ба<кæн- дзынæн! — дзæбуг йæ къухмæ райсгæйæ, афæлварынмæ хъавыд Дзибыл дæр. Исгæ йæ скодта уæвгæ, фæлæ йыи фæстæмæ куыддæр уæгъд хауд æркодта. — Акус, акус, Дзибыл, æфсæрмы ма кæн, æз та уал тамако адымон! Дзибыл стыр дзæбуг куы райста, уæд æм чызджыт& 169
сæ хъус кæй дардтой, уый хатыд. Дзæбуг уæгъд хауд / куы ’ркодта, уæд ыл кæй бахудтысты, уый дæр федта. Бам-бæрста, уæдæ Цæргæс æй мæстæй кæй мары, уып дæр, фæлæ састы бынаты баззайа, уый йæ нæ фæндыд *æмæ йæ чызджытæ дæр куыд фехъуыстаиккой, ахæм дзуапп радта Цæргæсæн: — Бæргæ дæ фервæзып кæнип, иу чысыл дæ уæзæй, фæлæ тагъд сихор афон у-æмæ мын уæззау куыст нæ, рог куысты бар дæр нæ дæдты Сæлбийы фырт. Дæ уæнг- тæ, дам, суæззау уыдзысты æмæ сихор хæрды фæстæ уæззау кафт куыд хъуамæ кæн-он? — Цæргæс, æвæццæгæн, уæдæ хæргæ дæр нал бакæн- дзæн, — æрбадзырдта сæм Дзæйнæт. — Хæрыны тыххæй, æвæдза, бахатыр кæнут. Цæп, сымахæн æгъгъæд фæуæд. Иннæтæм дæр ба’кæсын хъæ- уы, ыауæд мæм фæхæрам уыдзысты. — Цу, цу, Ахбердитæ дæумæ ’нхъæлмæ кæсдзысты,— Дзибылы фæстæ адзырдта Дзæйнæт. Дзибылæн уæвгæ Сæлб’иггы Тасолтан загъта, тагъд сихоры улæфты рæстæг уыдзæн, æмæ хихъæппæрисои къорды уæнгтæ æрбамбырд «æн, концерт радтын нæ хъæудзæн, зæгъгæ, æмæ дарддæр хæйтты чи куыста, уыр- дыгæй сыл разилынмæ хъавыдис. Цы зæхх ссыгъдæгкæнынмæ хъавыдысты, уый дæллаг кæроп куыстоИ хъæубæсты зæрæдтæ. Уыдонимæ уыд Уырымты Фари дæр, сæ хæдфарсмæ Сырхауты Хæсанæ- йы бригад, фæлæ Хæсанæ уым иæ зывдис. Дæлейæ уæ- лæрдæм æрбакæсгæйæ, рæгъ-рæгъы зындысты дур- дзæндтæ. Афтæ ма сосæ фæидаджы фарсмæ ныррæгъ вæййынц, фæндагаразынæн цы змис рæдза-тъдтæ фæка- лынц, уыдон. — Иу халон, дам, зиу ракодта æмæ, дам, йæхæдæг уæлкъуыбыр сбадти, уый æм’бисонд æркодта ацы хатт Сырхауты Хæсанæйыл дæр! — Кæм ис, хуыцауы тыххæй, 'Хæсанæ? — бафарста Агуыбе. — Кæм ис, куы зæгъай, уæд уæртæ комы рæбын хъузоны бады йæ къордимæ! — мидбыл бахудти скъо- лайы фæскомцæдисон организацийы секретарь Æхсар. — Æцæг дæ фæрсын? 170
—Æцæг дын зæгъын æз дæр. Æццæй, Æнхъæл? Ды /куыд æнхъæл дæ, бынтон æдасæй кусæм? — ныхас айс- та Гагуыдз, Зилгæдоны тъæпæны быцæу зонгæйæ. — Уæд та Радиты Дудар йе ’фсадимæ æрбабырста, уæд сын ныхкъуырд радтын хъæуы, æв’и нæ? Хæринагараз- джытæм йæ хъус цæмæй фæдара, уымæ йæ арвыстой. — Цымæ афонмæ Дударитæ цы ми кæнынц? — -афарста æндæр чидæр. — Куыд цы ми кæнынц? Баддзысты махмæ’, кæнæ та Кæрæфбегтæм, гъе та Дудартæн сæхимæ æмæ минас кæндзысты. — Нæ, уæдæ, махау, дуртæ сæтдзысты. Уæлæрдыгæй ’рбазынд уæзласæн машинæ, трак- юр æмæ бричкæ. Адæмы цурмæ куы ’рбахæццæсты, уæд сын салам радтой. Машинæйы шофыры фарсмæ бадтис Сырхауты’Хæсанæ, трактор скъæрдта Мызо, бричкæ та — Уане. Уыцы рæстæджы зылд фесты Уари- нтæ бригæдтыл æмæ сæм бацыдысты. — Адæмы иу чысыл сæ фæллад суадзын бауадзæм. — Сихор афон у уæвгæ, Мысост! — сразы Уари дæр. — Уæ, лæппутæ, йæ уадындзимæ ма уæ исчи рауа- йæд ардæм æмæ фæсидæд адæммæ, — æввахсдæр цы скъоладзаутæ уыд, уыдонмæ сдзырдта Мысост. Тузар æмæ Гдо рæвдз базгъордтой, сгæпп кодтой машииæ æмæ гракторы сæрмæ æмæ ньщцагътой уадындзтæй. Адæм ныууагътой сæ куыст æмæ æмбырд кодтой иу ранмæ, бирæтæ та, кæм куыстой, уым æрбадтысты. Фæ- лæ уыдонмæ дæр фæдзырдтой. Цæвиттон, хæринаджы тыххæй бæлвырдæй ничи ницы зыдта, уымæ гæсгæ сæ алчи дæр йемæ рахаста сихойраг. Фæлæ Сырхауты Хæ- санæйы сæрмагондæй фæстæмæ арвыстой зиууæттрэн сихор ацæттæкæныны тыххæй. Ноджы сын Æхсараты Мысост сихойрагæн ахæм тохъыл радта æмæ хуыздæр зæгъæн нæй. Сихор цæттæ кодтой Уырымты Аминæт æмæ Цæр- гæсы мад Къудухоны раза-мындæй. Уыдон сæ дыууæ дæр хъæубæсты ’хсæн нымад уыдысты хуыздæр хæри- наггæнджытыл. Иу цалдæр чызджы сын ныууагътой æххуысæн. Къудухои дардмæ йæ фырты куы ауыдта стыр дзæбугимæ, уæд цыма йæ зæрдæмæ хуры тын нык- 171
касти, афтæ барухс йæ цæсгом. Уый, дысон йæ фырт æнафонтæм сæ кæрты бадынтыл куы схæцыд, уæд æм ра’-цæуынмæ хъавыд, цæмæй йын загътаид схуыссын афон у , зæгъгæ, фæлæ йæм нæ рацыд. Мад хатыд: Цæр- гæс уым æнафонтæм дзæгъæлы нæ бады, хъуыды кæны йæ царды фæндагыл. Уымæ гæсгæ йæ нæ бахъыгдардта. Раисомæй куы фестад К/ьудухон, уæд та йæ фырт уым нал уыди. Ра.уад сæ мæнгагъуыстмæ æмæ æппæты фыц- цаг агуырдта се ’фсæйнаг дзæбуг, фæлæ уый уым нал зынд. Уæд бацин кодта ацыди, зæгъгæ. Фæлæ сеннæ уаты къулыл .цуанон топп ауыгд куы нæ уал уыд. йæ цæст не ’рхæцыди сæ егарыл дæр, уæд та фæдызæрдыг. Фæсивæд сарæзтой хъазт. Дзибыл райдыдта худæ- джы кафт, цъилау зылд йæ мидбынаты, ^куы та-иу, зæхх сардзинæй куыд барай, афтæ йæ уæрджытæ кæрæдзийы фæстæ иста, йæ цæнгтæй уæлдæфы цыдæр зиллаччыгæ аразгæйæ. Хъазт йæ тæккæ цренмæ куы бахæццæ, уæд хъазты æхсæнмæ ратæпп кодта чидæр Алæмæтаты Кæ- рæфбеджы дарæсы, йæ фæдыл йæ цонгæй баскъæфга кæнгæ «Ахберды» дæр æмæ йемæ затъд самадта, æз дын Зилгæдоны тъæпæн нæ бауадздзынæн бакæнын, зæгъгæ. — Фæлæу-ма, Кæрæфбег, хъуыддаг дæуæй уæлæмæ чи алыг кæна, ахæмтæ нæм ис! — сабыргай йын æмба- рыя кодта «кæнгæ» Ахберд, — фæлæ «Кæрæфбег» нал æнцад, фырмæстæй цæхæртæ кашдта. «Кæнгæ» Ахберды фарс фесты цалдæрæй. Уæд «Кæрæфбег» йæ къухтæ кæ« рæдзиуыл фырмæстæй ныххоста æмæ æртхъирæнгæнгæ ацыд. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыди кæнгæ Ахберд æмæ Кæрæфбеджы хъазт. — Фæсивæд, сихор ма уазал кæнут, — бахатыд сæм Сырхауты Хæсанæ. Фехæлд хъазт. Райдыдта сихор. Дзæйнæт, Ирæ æмæ Дзибыл кæм бадтысты, уырдæм Хæсанæ бакодта Цæр- гæсы дæр. Дзи;был æй йæ уæллаг фарс абадын кодта. — Дзæйнæт, цом, ды мæм фæкæс! — Загъта Хæсанæ. Хидæн ран æрбадтысты уæйлаг ньимæтьгл зæрæдтæ. Уыдонимæ уыдысты Ахберд, Уари, Мысост æмæ Га- гуыдз дæр. Сæ разы сын зæххыл æрытыдтой стъолæм- бæрзæн, цалдæр раны йыл тæбæгъты æрывæрдтой дзу- лы’лыгтæ æмæ афтид тæбæгътæ. Иу чысыл аджы та 17*
къуыдырфых дзидза. Ардæм фæзындысты Сырхауты Хæсанæ æмæ Дзæйнæт хуынтимæ. Хæсанæ хаюта фых фыры сæр, æхсырфæмбал, физонджытæ æмæ иу гра- фины дзаг арахъхъ Дзæйнæт та уæливыхтæ, сæ сæрыл— иу фых хъаз. — Фарн уæм бадзурæд, хи’стæртæ, уазæг нæ уадзут? — Уазæг хуыцауы уазæг, Хæсанæ; — одзырдтой йæм цалдæрæй. -- Ахæм уазæгæн цы нæ уадзгæ ис! — загъта Мы- сост, — фæлæ кæстæрты ма ферох кæнут. Хæрдимæ кæс- тæртæ æмхицдæр сты. -- Ба-уырнæд уæ, Мысост, кæстæртæ дæр нæ нæ ра- ’хъаст кæндзысты. Алцы дæр нæм фаг ис. Мæнæ уын арахъхъ, уæливыхтæ æмæ хъаз æрбахуын кодтой Ами- нæт æмæ К/ьудухон. —- Сæ цæрæнбон бирæ уæд æмæ кады хуынтæ хæс- сынхъэм уæнт! — раарфæ сын кодта Сырхауты Ахберд. — Бауырнæд уæ, ахæм хуынтæ нæм чысыл не ’рба- цыдп хæдзæртты æфсинтæй, бирæты сæ фæндыдис нæ зиумæ æрбацæуын, фæлæ ,сæ фадат нæ амыдта. Кæй- дæрты та дзы сæ лæгтæ нæ рауагътой æмæ нын ахæм хуынтæ фæкодтой. Кæрæфбеджы хæдзарæй дæр ма нæм æрбацыдис æртæ карчы. — Ау? — афарста Уари. -■ 0; йæ ус Нинæ иугæр жуы базыдта йæ лæг кæдæм- дæр ауад, уæд рацахста æртæ карчы æмæ нæм сæ сы- хæгты лæппутæн æрбарвыста. — Æвæджиау чызг уыдис æмæ кæй къухы ныс- сагъд! — йæ сæр нæразыйы тылд бакодта Ахберд. Фæсивæды ’рдыгæй раихъуыст хъæлдзæг зарын. Адæм’æйттæй сихор кодтой. — Хæсанæ, дæ нывонд фæуон, мад мæгуыр у. Цоты тыххæй йæ зæрдæ къултыл йæхи фæхойы, фæлæ абон æз мæгуыр нал дæн. Абон мæ хъæбулы уынын уе ’хсæн æмæ мын уый сымах руаджы у. Дæу ’руаджы, Хæсанæ. Уæр- тæ иумæ бадынц. Ахæссут уыдонæн дæр мæ хуын. Уæхæ- дæг дæр уым семæ абадут- Ам нæ уæ сæр уый бæрц æх- сызгон нал хъæуы! — загъта Къудухон Хæсанæйæн, хис- лæртæй куы ’рбацæйцыдысты, уæд. Хæсанæйæн куыддæр зын уыдис, Азау æмгæрттимæ 173
кæм бады, уæлдайдæр Дзибыл æмæ Дзæйнæт кæм уой, уырдæм бацæуын. Зыдта, сæ дыууæ дæр сæрдаеæнæй цыргъдæрæй кæй фæдарынц се ’взæгтæ æмæ та йæ куы мæстæй марой, æмгæртты æхсæн куы ныфсæрмы кæ- пой Азауы дæр. Фæлæ цы ’фоонæй загътаид Къудухо- нæн нæ цæуын, зæгъгæ. Ацыдис Дзæйнæтимæ. Сихор хæрды фæстæ сытынг ж хъазт. Радгæс фæ- лæууыд Дзибыл æмæ, худæджы кафт æркæнгæйæ, æрха- тыд Хæсанæ æмæ Азаумæ. Хæсанæйы цæсгомыл ахъа- зыд æфсæрмдзинады уылæнтæ. Ахæм рæстæджы уæлдай æфсæрм фæкæны Азау йæхæдæг дæр. Чи’ зоны æмæ сæм искуы хъазты ’мбис кафты бар æрхаудта, уæд афтæ тынг не ’фсæрмы кодтаиккой. Фæлæ афтæ никуы уыд. Искуы-иу хъазты сæмбæлдысты, уæд-иу «Уæлахпзы» фæсивæд бацархайдтой, Азау æмæ Хæсанæ фыццаг кафт цæмæй акодтаиккой, ууыл. Уымæй, цыма, канд «Раз- мæйы» фæсивæдæн нæ, фæлæ иннæ хъæуты фæсивæдæн дæр афтæ зæгъынмæ хъавыдысты, æвзарут иннæ чыз- джыты ’хсæн уæ амонд, уымæн йæ амонд агуырд у. Æмæ æцæгæйдæр кæд зæрдæйæ-зæрдæмæ дыууæ уарзæ- гой зæрдæйы ’хоæн, ницы бæрæг ныхас æрцыд, уæддæр сæ дыууæйы цæстæнгасыл дæр зындис, уудон æнæ сæ кæрæдзи æндæр амонд кæй нæ бацагурдзысты, сæхи- цæн цард кæй нæ садджын кæндзысты, уый. Фæсивæд кафты астæумæ раппæрстой - Хæсанæйы. Уый бæргæ фæлвæрдта лæппуты ’хсæнты фæцъыввытт кæныныл. фæлæ йæ ахъуызын кæм бауагътой. Рахизын кодтой Азауы дæр. Æгъдау æрцахста Хæсанæйы аамæ. цыма, фæсивæды къæрццæмдзæгъд хъуыды дæр нæ код- та, фæлæ уæлдай акъаядзæф кæнынæй тарсти, уыйау, Азауимæ уæздан æмист кодта йæ къæхтæ. — Æйтт, Хæсанæ! Цæмæн ма дæ хъæуынц дæ къах- фындзтæ, — æрхатыдысты иæм фæсивæд. Фæлæ Хæса- нæ йæ уæздан кафт нæ фехæлдта. Хæсанæйы фæрсты^ денджызы хъазау, сирдта Азау, йæ къухтæй уæлдæфы æнахуыр уæздан змæлдтытæ аразгæйæ. Фæцис сихор улæфты рæстæг. Адæм ногæй æрлæу- уыдысты сæ куысты уæлхъус æмæ та куыст æхсысти ерысæй. Цалдæр ранæй райхъуыстысты фæсивæды 174
хъæлдзæг зарджытæ. — Цæргæс та йе ’фсæйнаг дзæ- бугæй пырх кодта, сæ фадыджы ма цы иугай ставд дур- тæ баззад, уыдон. Арæх-иу æм дзырдтой иннæ къордтæ дæр феххуыс нын кæн, Цæргæс, зæгъгæ, науæд нын ацы стыр дур сæттыи нæ комы. Цæргæс æввахс рæттæм йæхи дзæбугимæ цыд, дард рæттæм та—æнæдзæбугæй. Иннæ къордты цы стыр дзæбугтæ уыдис, уыдонæй дæр- иу Цæргæс æнцонæн пыппырх кодта ставд дуртыЛФæ- лæ йæм сегасæй арæхдæр дзырдта Дзæйнæт: Цæргæс мæнæ та иу стыр’дур, зæгъгæ. Бирæ хатт-пу стыр дур нæ уыдис, фæлæ Дзæйнæты фæндыд’ис, цæмæй Р1рæ æмæ- Цæргæс бафидыдтаиккой. — Ай цæй стыр дур у, — æмæ-иу дуры йæ хъæбыс- мæ еиста, ахаста-иу æй дурдзæндмæ. Ирæ та-иу чыз- джыты сусæгæй каст Цæргæсы фæстæ. — Цæргæс, æмæ дæумæ чизоны Хъазбеджы хох дæр чысыл кæсы, — ныхæстыл-иу æй дардта Дзæйнæт. — Цæргæс, — ныллæгдæр хъæлæсæй йæм сдзырдта Дзæй- нæт, — дæ хорзæхæй, Ирæйæн тæригъæд нæ кæныс? — -- Уайсадгæ мæм кæны, — ноджы сабырдæрæй сдзырдта Цæргæс æмæ Ирæйы ’рдæм бакаст. — Уый бæсты дзы хæдзары лæууын фæхъæуы, — мидбьглхудгæйæ ныхас æрбаппæрста Ирæ дæр. Дурдзæндтæ рæзтысты æмæ се ’хсæнты цы зæххытæ уыдис, уыдон нарæгæй-нарæгдæр кодтой. Бирæ рæтты та дурдзæндтæ баиу сты. Хуры ма ныгуылæнмæ бæн- дæны бæрц хъуыд, афтæ Зилгæдоны тъæпæнæй цы зæхх æрлыг кодтой, уый сыгъдæггонд фæцис. Адæм ныр цы- мыдисæй æнхъæлмæ кастысты трактормæ. Мызо скусын кодта йæ трактор. Бачардта йæ сыгъдæггонд зæххы иу кæронмæ, аскъæрдта йæ арф, иу цалдæр и<ъахдзæфы адыд, стæй, оцани бæхау, дзыхълæуд фæкодта йæ мид- бынат. Хъæбæр зæххы кæнын нæ фæрæзта трактор. — Дыууæ конды йæ бахъæудзæн: фыццаг уæлæнгай, стæй — та арфдæр, — Уаримæ ба<кæсгæйæ, загъта Мы- зо. — Гъемæ фæуæд дыууæ дæр. Цы зæгъыс, Мысосг, ды та? — афарста Уари\ — ,Дыууæ нæ, æртæ йæ куы хъæуа, уæддæр ын ныу- уадзæн нал ис. 175
Мызо уæлæнгай аскъæрдта тракторы гутæттæ æмæ уæд ацыдис дарддæр. Адæм æдзынæгæй кастысты трак- торы фæстæ мыййаг та куы ныллæууа, зæгъгæ. Фæлæ уый цыдис дардæй-дарддæр. Ахберды цавæрдæр тых атыдта адæмы ’хсæнæй æмæ тракторы хаххыл цыд раз мæ. Трактэр сабыргай ацыд фаллаг кæронмæ. Фæстæ- мæ куы разылд, уæд адæмы цинæн кæрон нал уыдис. Ахберд тракторы фыццаг хаххыл фæстæмæ ракаст. Нал баурæдта йæ зæрдæйы æгæрон цин. Æмæ йы-н цыма нæ сыджыт уыдта, уыйау гутоны фæдыл йæ зонгуытыл æр- хаудта,æрттæтыгъдæй ныхъхъæбыс кодта зæхх æмæ хъæрæй сдзырдта: — Цæргæ-цæрæнбонты дæумæ куы бæллыдтæн, нæ ^быдырты хæзна, æмæ дæ цæй хорз ссардтои! Цалынмæ трактор иу æртæ цыды акодта, уалынмæ адæм кастысты йæ фæдыл, исты куы кæна, зæгъгæ, тарстысты йын. Фæлæ трактор хорз куыста. Хуры цалх æрынцой кэдта ныгуылæны рæгъты цъуппытыл. .Адæм ныууагътой сæ куыст æмæ хъæлдзæг ныхасгæнгæ, фæсивæд та хъ&лдзæг зарджытæгæнгæ цыдысты хъæуы ’рдæм... Дыккаг бон райсомæй Фарныхъæуы колхозы быдыр- ты æхсысти куыст. 3-илгæдоны тъæпæнмæ фæзынди Ах- берды звено. Хъæлдзæг зарæггæнгæ зæрæдтæн æххуыс- мæ рацыдис «Размæйы» фæскомцæдисон Æригад. Æдзæ- рæг быдыр цардæгас фестад. Къахдзæфæй^къахдзæфмæ зæрæдтæ æмæ фæсивæд фæлдæхтой Зилгæдоиы тъæ- пæн. Къуырийы фæстæ дыккаг хатт бахуымгонд Зилгæдо- ны тъæпæны зæхх дыууæ раст дихы акэдтой. Иуыл дзы куыста «Размæйы» фæсивæд, иннæуыл та — Уæлахи- зы» зæрæдты ,звено. Алчи дæр зæхмæ зылди йæхи ’рды- гонау. Зæрæдтæ сæ зæххы хай дыууæ хатты похцийæ ба- ластой. Уый ’фæстæ йын йæ алы лыстæг къуыбар дæр къухы уырзтæй æууæрдæгау фæкодтой. Фæсивæд фæз- мыдтой зæрæдты. Байтыдтой нартхор. Мыггаг хорз сæв- зæрд. Барывтой зæхх, бæмбæджы хуызæн æй сфæлмæн кодтой. Зæрæдтæн рувыны куыстыты феххуыс кодтой фæ- сивæд. Уддзæф уызта æвзонг нартхæртты лæмæгь) сыф- ты.’Иу бонæй иннæ бонмæ куыд рæзыдысты, уый цæст 176
ахета. Ахберды зæрдæйы цинæн кæрон нал уыди. Æх- сæвæй-бонæй йæ хуыздæр фæндтæ уыдысты нартхор хуыздæр цæмæй æрзайынкæной, ууыл. Уæд фидæнмæ афæлдахдзысты æнæхъæнæй дæр Зилгæдоны тъæпæп. Арæх зылдысты зæрæдтæ рьгвдæй-рывды ’хеæн нарт- хæртты рæнхъытыл æмæ дзы !искуы дзæгъæл кæрдæджы мур куы ардтой, уæд æй лыг кодтой къæпийæ. Стыдтой- иу мызул нартхæртты зæнгтæй лæмæгъдæры- Хатгай-иу Ахберд сæмбæлд æмхуызон мызул зæнгтыл æмæ-иу хъуыды кодта кæцыйы сæ ратона, ууыл. Дзæбæх сæв- оæрд фæсивæды зæххы нартхор дæр. Арæх хъуыстис куысгы рæстæджьг дæр æмæ улæфты рæстæджы дæо фæсивæды цардæфсæст зарæг. Ахберд ма сын-иу йæхины- ^мæрыдæр бахъырпыдта. Нартхор уынынмæ арæх цы- дысты канд хъæубæсты адæм нæ, фæлæ районы раза- монджытæ дæр. Æппæлыдысты фæсивæды æмæ зæрæд- ты хæдзардзин куыстæй- * Фæлæ ахаста хурджын аз. Ахберды уæны æрбадт та- сы мигъ. Нартхор уыд йæ тæккæ рæзыныл æмæ йæ тых- джын хур æлвасын байдыдта. Фондз зæронды, тæрхоны бадæгау, хуымы кæрои ха- лагъуды раз ныхас кодтой нартхор фервæзынæн исты амал ис, æви нæ, зæгъгæ, уый тыххæй. Арæх сæм-иу ■ æрбауадысты сæ сыхæгтæ дæр. Фæлæ сын ны сæ бон уыд. Æмæ та-иу рыст зæрдæимæ ацыдысты фæстæмæ. Зæрдæтæм нал хъуыст’ фæсивæды хъæлдзæг зарджытæ. Иу къэрд хатты зæрæдтæ æмæ фæсивæд бацыдысты сæ хуымты аком-коммæ стыр цæугæдонмæ, фæлæ уый йæ былгæрæтты тынг арф бахордта æмæ дзы дон рауадзæн никæцæй уыд. Æрмæстдæр æнхъæлмæ кастысты къæв- дамæ. Фæлæ арвыл иу мигъы цъупп хæснагæн ие ’ссар- дæуыдаид. Ахбердыл æхсæв хуыссæг нал хæцыд, рафт-бафтæй- иу ыл сбон ис. Йæхи зоныпхъом куы фæцис, уæдæй фæс- -1æмæ æхсæвыгон хуыссæн уаты тамако никуы бадымдта. Ныр-иу йе ’мбæлттæй исчи куы райхъал, уæд-иу Ах- берды лулæйы чысыл зынг рæстæгæй-рæстæгмæ ферт- тив-ферттив кодта. Иннæ зæрæдтæн кæд сæхи зæрдæтæ рыстысты, уæддæр сæхицæй тынгдæр мæт кодтой Ах- 12* 177
бердыл. Ахберд-иу стæм хатт йæ цæстытæ куы рыхгæд- та, уæддæр-иу йæ хъустыл уадис, хур кæй сыгъта уы- цы лæмæгъ ськфтæрты мæлæтцзаг сыбар-сыбур, Афтæ ма фæунæргъы лæг мæлæты размæ... «Мæлæм, мæлæм! Дойныйæ мæлæм!» — æнæрынцойæ, хъуыст Ахберды хъустыл лæгъзтæгæпæг нартхæртты лæмæгъ ныхас. Иу æхсæв йæ хъизæмары фыдфынтæн нал фæрæзта Ах- берд. Сыстад æмæ æттæмæ рацыд. Æхсæв уыд сабыр. Æрмæстдæр æнæрынцойæ хъуыст Терчы улæнты сæр- сæр. Ахберд пæ цæст ахаста, зæронд лæгау йæ астæ-у кæмæн фæгуыбыр, уыцы нартхæрттыл æмæ мæстæй нык- кæрзыдта. Æввахсдæр сæм бацыд æмæ сæм æнæбон лæ- джы даргъ бакодта йæ къухтæ: «Цы уын кæнон, гормæт- тæ мæхæдæг дæр куы ницыуал зонын» æмæ, нартхæртты зæнгты æрбахъæбыскæнгæйæ, исдуг æхсæвы тары дард кæдæмдæр каст, стæй сæ суатъта; халагъудæй райста донгарз æмæ арасти Терчы былырдæм. «Нæ бауадз- дзыназн нартхæртты мыггаг окъуынын. Хъуамæ дзы цал- дæр зæнджы уæддæр фервæзын кæнон. Уадз æмæ зо- нæд, цавæр зæхх у Зилгæдоны тъæпæн! Бон цъæхтæ кодта, афтæ Ахберд Теркæй цы дон æрбахаста, уымæй бапырх кодта цалдæр нартхоры зæн- джы, йæхæдæг сындæггай йæхи æруагъта: «Ализæр дæр сын хæсдзынæн дон æмæ сын æнæ фервæзынгæнгæ нæй». Р,ацыд ма ноджы цалдæр боны. Нартхæртты сыфтæ бу- рæй-бурдæр кодтой. Зæрæдтæй чидæртæ бафиппандта Ахберд æхсæв æттæмæ кæй рацæуы æмæ иудзæвгар рæстæг кæй фесæфы. Бирæтæ æнхъæл уыдысты, зæгъ- гæ, фырмæтæй йæхицæн бынат нал ары æмæ уымæн афтæ кæны. Фæлæ уæдмæ рабæрæг. Хæдзардзин зæ- рæдтæ æрвыл бон дæр сæ хуыммæ тæригъæдгæнæджы каст кодтой æмæ мæнæ диссаг. Нартхæртты ’хсæнæч цалдæр зæнджы сраст сты, иннæтимæ абаргæйæ, сæ сыфтæ уæлдай цъæхдæр радардтой. Бацыцысты уыцы æвзартæм æмæ сæ зæнгты бын уыдисны арфæн зæхх уыдис уымæл. Нартхæрттæн сæ сыфтæрты хъузгтæй æрттывта дон. Кæцæй æрцыд адонмæ дон иннæты уæл- дай? Хъуыддаг базыдтой. Бафæзмыдтой Ахберды иннæ зæрæдтæ дæр. Æрвыл нзæр дæр хастой Теркæй фæйнæ’ бедрайы æмæ райдыдтой фæйнæ цалдæр зæнгмæ зилын. 178
Зæрæдты бафæзмыдта фæсивæд. Æхсараты Мысост куы фехъуыста хабар, уæд сын рахицæн кодта бæхуæр- дон æмæ доны боцкъа. Æмæ сын уæд бирæ фенцондæр. Радгай ластой дон, фæфылдæр кодтой, кæмæ зылдысты, уыцы æвзарты нымæц. Нартхæртты зæнгтæ донæй æф- сæдын куы байдыдтой, уæд дыууæ-æртæ бонмæ сæхи- уыл схæцыдысты. Уæлдам бæрæгдæр дардтой ипнæты æхсæн, фæлæ Ахберды зæрдæ уымæй нæ фæса(бырдæр, Уый хъуыды кодта æппæт æвзарты фервæзтыл. Æмæ йæ зæрдæ кæуыл фæдардтаид, иу ахæм хорз хъуыды йæ сæрмæ нæ цыд. Иу сæумæрайсом та, йе ’мбæлттæ ма хуыссыдыстьь афтæ^ райхъал Ахберд/ са’быргай окодта йæ дарæе,— райста йæ лæдзæг æмæ æттæмæ рацыд. Иу къорд къах- дзæфы куы акодта, уæд нæ лулæ лæдзæгыл æрхоста, афу йын кодта йæ хæтæлы æмæ дзы уæлдæф æнцэнæй хйзы. зæгъгæ, куы базыдта, уæд йæ дзыппæй систа та- макодон, лулæ байдзаг кодта йæхи сагъд-æмæ карст тамакойы сыфтæй, æрхæиыди йыл хистæр æнгуылдзтæй, стæй ма йыл дыккаг хатт уæгъд калд бакодта тамакойы кæрстытæ. Лулæйы хъæдыл æрхæцыд йæ дæндæгтæй, систа йæ дзыппæй зных æмæ æрцъыккæхсон. Чысыл хъулон дурыл зныхы мур авæрдта, фидар ыл хæцыд га- лиу къухæй, рахиз къухæй та æфсæйнаджы мурæй æр- цавта дуры æмæ, цæхæркалгæйæ, ссыгъди зных. Ба- дардта йæ" лулæйы тамакомæ. Ахберд дардта спичкæтæ дæр, фæлæ уыдонæй пайда (кодта зынаргъ куысты рæс- тæг, тагъд-тагъд-иу куы кодта^ уæд. у^Ердз, цыма, йæ фынæйæ нæма райхъал, уыйау, уыд са’быр. Нæ хъуыст мæргъты зарын, уддзæфы хъазт, бæлæсты сыфтæрты сыбар-сыбур. Æрмæст Терчы улæн- тæ сæр-сæр кодтой æнæрыицойæ, цыма дойньгйæ чи мард, уыцы хуымты мæстæй мардтой. Ахберд цыд йæ лулæ дымгæ размæ, йæ фæстæ уагъта тамакойы фæздæг, урсцагъд къуымбилау. Зилгæ- лоны тъæпæн, дæргъæй-дæргъмæ атагъайы хуызæи, æрынцад Терчы рахиз фарс. Ахберды фæндыди, Теркæй къабуз рауадзынæн исты амал ис, æви нæ, уый базонын. Фæлæ цас уæлдæр цыдис, уыйас æм хъуыддаг бæлвырд- дæр зынди’: дон рауадзынæн ницы амали. Иу къорд хат- 179
ты акаст фæстæмæ дæр, фæлæ йæм нал зынд сæ хала- гъуд. — Нæ куыст сæфдзæпис æ?лæ йын цы бачындæуа, — хъуыды кодта, йæхимидæг стыхсгæйæ, Ахберд. Райхъал ис æрдз. Хуры фыццаг тыптæ схъазыдыс- ты урссæр Хъазбеджы хохы цъуппытыл, сæрттывтой йæ айнæг ихфæрстæ хуры рухсæй. Рæсугъд хъæлæстæй рай- дыдтой уасын алыгъуызон мæргътæ. Иу къудзийы цурæй агæпп кодта тæрхъус, æвæццæгæн, сæумæрайсом хызти кæрдæгыл. Цас ма бауад Ахберд, уый йæхæдæг дæр нæ ба- фиппайдта, афтæ æрлæууыд |иу къудзийы цур. Иæ цæс- тытыл дæр не ’ууæндыд: дæ размæ къанауы хуызæн ахаста лæнк. Уæвгæ йæм къанауы миниуджытæй уый бæрц ншды зынд, кæрдæгæй уыд æмæхгæд. — Цыдæриддæр уа, уæддæр ыл кæронмæ æнæцæу- гæ ’нæй, — ахъуыды кодта Ахберд æмæ цæуын райдыд- та къанаугондыл. Иудзæвгар-иу куы ауад, уæд-иу акаст фæйнæрдæм, æмæ та дарддæр цыд. Иу ран къа- яаугондæн йæ ныв нал зындис æмæ Ахберды зæрдæйы цы сусæг хъуыды фæзынд, кæд мыййаг къанау уыди, зæгъгæ, уый атади, Доны фынкау. Къорд хатты ма йæ’М фæстæмæ, хæлæггæнæгау, ракаст. Цыд æмæ цыд, фæл- лад нæ хатгæйæ. Æмæ та ногæй, фыццагæй бæлвырддæ- рæй йæ размæ-равзæрд лæпк. Ам уыд«с фенæн ставд дуртæн. Фæлæ ставд дурты мæт нæ кодта Ахберд. Уый фæндыд лыстæг хуырдуртæ фенын. Уыдон фенгæйæ, уый бæлвырдæй базыдтаид, æцæг къанау уыди, дон дзы цыди искæд, æви> нæ. Ахæм хъуыдытæ гæнгæ Ах- берд цыди размæ æмæ размæ. Иу къорд хæттыты ма йын фесæфт къанауы фæд. Хуры тынтæ аныдзæвдысты <быдыртыл. Цæуынæй бафа\лмæцыд Ахберд, фæлæ йæм фæстагмæ раздæхыны фæнд нал уыди. Æппын фæстаг æй йæ фæндаг бахаста иу зæронд ауæзты дæллаг фарсмæ. Бахызт ауæзты сæр- мæ æмæ фæстæмæ йæ фæндагыл акаст. Дардмæ уæлдай бæрæгдæр дардта къанау, æнхъæл кæмæп уыдис, уыцы лæнкгонд. «Къанау уыдис, æви нæ, уый зын зæгъæн у, фæлæ кæддæр ацы ауæзтæй доны къабуз кæй цыд, ацы лæнк-, 180
гондыл, уый гуырысхойаг нæу» — ахъуыды кодта Ах- берд æмæ æрзылди ауæзтыл. Уыд йæ уæллаг фарс дæр æмæ йæ дæллаг фарс дæр. Хъуыды кодта: дон рауадзы- ны тыххæй исты амал ис, æви нæ, зæгъгæ. Æмæ йæхи- пымæры загъта: «Кæд æгæр нæ барæджы, уæд арды- гæй Зилгæдоны тъæпæнмæ ис æнæмæнгдæр дон рауа- дзынæн амал. Æрмæстдæр æй ауæзтæй цалдæр метры æттæдæр жъахын бахъæудзæн, Стæй дон йæхæдæг згъордзæи йæ кæддæры фæндагыл». Ахберды кæд ф’æндыд йæ фæллад суадзын, уæддæр, ахæм æнæнхъæлæджы хабар базонгæйæ, нал æрбадт, тагъд кодта хъуыддаг Хæсанæ æмæ Мысостæн фехъусын хæнынмæ. Иæ цæсгомыл къорд хатты йæ армы тъæпæ- пæй скалдта уазал дон, баумæл кэдта йæ еæры хъуын- тæ æмæ йæ фæндаг сарæзта колхозон быдыры станы ’рдæм. 3 Быдырон станмæ ныхасгæнгæ бацыдысты Арысхан ’æмæ Хæсанæ. Арысханы æрвгъуыз цæстытæ кодтой мæсты каст. Йæ бæзджып тар æрфгуыты ’хсæи фел- хы-нцъ йæ ных, ехсы хъæдæй æрцагъта йæ уæрæххъус- джын цырыхъхъыты рыгтæ. йæ нарст сырх уадултыл, фæрдгуытау, дæлæмæ тылдысты хиды æртæхтæ, кæд йæ сæрыл конд уыд урс пæлæхсар нымæт худ, уæддæр. Бахуылыдз йæ хæдон дæр хидæй æмæ йæ буарыл æн- дæгъдис. Хæсамæмæ та, цыма, хур нæ хъардта, -афтæ зынд Арысханы фарсмæ. Уымæн дзæвгар фæрæсугъд- дæр йæ кæддæры фæлурс цæсгом, басыгъта йæ хур æмæ зындис сойы æвдылдау, хъæдабæйау, лæгъз. Хæсанæйы ставд, фæтæн æмæ домбай уæнпы конд æвдисæн уы- лыеты, уымæ кæй нæ хъары уэзал дæр æмæ тæвд т^яер уымæн. —Уыцы зæххы хъуыддаг рæвдз нæ цæуы, лæппу, — загъта Арысхан, дæхи аххосæй ауагътай цæугæ Сырх тырыса. — Цы бачынцæуа, — æнæбары сдзырдта Хæсаыæ æмæ йæ арф сагъæсты аныгъуылд. Арысхан æнхъæл уыд, зæгъгæ, ныртæккæ^ Хæсанæ басæтдзæн йæ рæдыдыл, зæгъдзæн, бахатыр кæн, мæ фыд, фæрæдыдтæн^ нæ хъуыд Зжлгæдоны тъæпæн ба- 181
кæнын. Фл^лæ ахæм хъуыды Хæсанæйæн йæ фæсоны ’рхæджы дæр иæ уыди. Хæсанæйы сæры зилдух кодта æрмæстдæр иунæг хъуыды: «Цы амалæй фервæзын чындæуа Зилгæдоны тъæпæны нартхор тыхджын ху- рæй?» —Уыдис ын амал, уыцы зæххыл куы нæ ныддæв- дæг уыдаиикат, уæд. Ныр дзы кæд силосæн исты спай- да кæнат, æидæр æм мацæмæ æихъæлмæ кæсут. Уымæн дæр æй афоныл куы нæ ’ркæрдат, уæд нал сбæздзæн. Хæсанæйæн, цыма, исчи йæ зæр’дæйы кард фæтъыс- та, афтæ хъыг æм фæкаст йæ фыды дæрзæг ныхас. Уый тыххæй мыййаг нæ æмæ Арысханы аргъ кодта силоеæн. Нæ! Уый хорз зыдта оилосы стыр ахадындзинад фос сы- рæзынкæныны хъуыддаджы. Фæлæ ныртæккæ тох цыд Зилгæдоны тъæпæны фидæны хъысмæт алыг кæныныл. Нартхэр куы нæ фервæзын кæной, куы бабын уа, уæд уыимæ а<мæлдзæн Зилгæдоны тъæпæны хъуыддаг дæр. Уымæн æмæ æнæуи дæр йæ ныхмæ уыдысты. Æмæ йæ уæд фидæммæ ской дæр нал бауадздзысты. Уымæ гэасгæ тызмæг дзуапп радта йæ фыдæн: — Уый гæнæн нæй! — Уый та цы хоныс? — йæ масг нал баурЪмгæйæ, фæхъæр кодта Арысхан. Фырмæстæй йæ нарст уадултæ ноджы тынгдæр анæрстысты, ссыгъдысты йæ хъустæ дæр. ■— Æви бынтондæр хивæнд митыл иыллæууыдтæ? — Уым хивæнддзинадæй ни:цы ис. — Æз та дын афтæ зæгъын æмæ дзы ис! — æмæ, цыма, хицау кæй у, уый равдисынмæ хъавыд, ахæм дзырд радта: — Æнæуæлдай пыхасæй йæ силосæн ныккæрдын хъæуы! — Уыцы зæххы тыххæй æз дæттын дзуапп æмæ йæ не ’ркæрддзынæн. — Æз та афтæ зæгъын æмæ йæ æркæрддзынæн! Ды дзуапп дæттыс бригады зæххы тыххæй, æз та æнæхъæч колхозы тыххæй. — Фырмæстæй та йæ галиу æрфыг ка- фын райдыдта Арысханæн. Хæсанæ хорз зоны йæ фыды зæрдæйы уаг. Куыстмæ ?.ивæг нæ кæны. Уыцы хъуыддаг домы колхозонтæй дæр Фæлæ йæм иу сахъатдзинад ис, йæхæдæг цы зæгъа, уый 182
йæм кæсы уæлдай растдæр, уый йедтæмæ исчи ног фæн- дон пайдайы фæндон бахæсса æмæ дзы фыццаг нæ кол- хоз спайда кæна, зæгъгæ, ууыл никуы сразы уыдзæн. Ныффисынмæ вæййы — «Та^гъд ма кæнут, мæ хуртæ, — вæййы йæ хуыздæр ныхас, — уæртæ уал æй /иннæ кол- хозтæ бафæлварæнт, опайда дзы кæнæнт æмæ сын кæд фæрæстмæ уа, уæд æз дæр цæттæ дæн!» Арысхан, куыд ничи йæ федтаид, афтæмæй иу къорд хатты æрзылдис Зилгæдоны тъæпæныл, зæрæдты хæдзардзин куыст куы федта», уæд тынгдæр рахсыст йæ маст. «Ахæм хорз куыст аккаг зæххыл куы бакодтаик- кой, уæд цы хор райстаид колхоз. Ныр та дзæгъæлы фыдæбон æмæ цæмæн, цæй тыххæй? Афоныл сын куы бамбарын кодтон сæ рæдыд, уæд мæм цæуылнæ бай- хъуыстой?» Раст сæм уыцы афон, тыхулæфтгæнгæ бацыд Ах- берд. Иæ халас рихитæ фæстаг бонты тамакойы фæздæ- гæй зынгæ фæбурдæр сты. Раарфæ сын юодта. Ахберды цæсгомыл, цæппузыртау, тылдысты хиды æртæхтæ. Сис- та йæ сæрæй йæ худ, йæ хъæбысы йæ æрызæрдта, куы- рæты фæччийæ йæ хидæйдзаг цæсгом асæрфта. Хæсанæ æмæ Арысханмæ бакæсгæйæ бамбæрста, нæуылдæр кæй быцæу кодтой, уый. Æмæ йæ кæд фæндыд уыдонæн ра- дзурын йæ цыды хъуыддаг, уæддæр Арысханы цур йæ- хиуыл фæхæцыд. Æнхъæлмæ каст, цалынмæ йын йæхи афæрсой, уæдмæ. Фæлæ йæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Хæоанæ йæ афарста куыд сты хабæрттæ зæгъ- гæ. — Нæ зоцын, нæ зонын, — сдзырдта’ Ахберд, - - сæфы нæ куыст æмæ йын ницы мæ боп у фервæзынкæ- нынæн: Арысхан, цыма, уæдæй нырмæ дæр сындзытыл бадт, афтæ йæхи хатыдта æмæ ныр фæкъæртт. — Гъемæ уын, Ахберд, уалдзæджы тæккæ райдианы нæ дзырдтон, уыцы зæххыл ницы æрзайдзæн æмæ мæ апп-уппы куы айстат; районы дæр ма мæ куы бамидæг кодтат, уæд куыд æнхъæл уыдыстут? Зæгъæм, Арысхан ницы æмбары, ницыуал зоны фæлæ «Ирыстоны» æмæ «Коммунисты» колхозтæ та? Уыдон дæр ницыуал зо- нынц? Æви, сымахмæ гæсгæ, Зилгæдоны тъæпæны чуьг 183
:-:æн хæзнайыл уал æмæ уал азы сау куырмæй цыдысты, нæ йæ уыдтой? Рæдиут, рæдиут, мæ хæлæрттæ, адæмы куырм чи хоны, уый куырм йæхæдæг у. -- Дæ хорзæхæй, Арысхан, нæ мастыл нын цæхх мауал кæн, — бауайдзæф кодта Хæсанæ йæ фыдæн. — Маст уып уæ зонд æрхаста. Ахберд, Арысханы уайдзæфы ныхæстæм хъусгæйæ, æнкъардæй каст зæхмæ. Зжлгæдоны тъæпæны нартхор кæй сæфы, уым стырдæр жхосджыныл нымадта йæхи> уымæн æмæ уььцы зæххы тыххæй уый бахаста фæщон. уый самиди кодта Хæсанæйы дæр уыцы зæхх райсынмæ. Æмæ йæ куыннæ самиди кодтаид, кæд æмæ ахæм хъæз- дыг зæхх нæ зоны колхозы .иу ран дæр. Тынг мæсты код- та. Афтæ йæм каст, цыма, нырма зæхкусæг лæг цыбыр къух у, техникæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ нæма сы- рæзт. Ахберды йæ хъуыдытæ ахастой дардыл. Йæ тæккæ лæппуйыл ма куы уыди, уæд сæ бинон- тæ цæрын нæ фæрæзтой æмæ сæ хъæуæй кæйдæртимæ афтыд цардамондыл фæхæсты æнхъæлцауæй Бухармæ. Ныллæууыд иу хъæздыгмæ куысты. Афтæ зæгъæн ис æмæ хъæздыджы уæззау куысты бын фыдæскъуыд фæ- цис, йæ игæрæй сыджыт марзта, фæлæ уæддæр цы амонд агуырдта, уый не ’ссардта. Зæрдæрыстæй, уæнг- æфхæрдæй, фæстæмæ æрцыд сæхимæ. Æрмæст пæ фе- рох кодта иу бæллГлщат хъуыддаг Бухары. Тыхджын хур-иу куы ныккаст йæ зыпг цæстæй дунемæ, куы-иу уыд тас хуымтæн басудзынæй, уæд-иу рауагътой къа- п&уты дон æмæ-иу хус зæхх зыдæй цъырдта доп, хъыг- дард нæ цыдпс йæ халсар. Къæвда рæстæг та-иу ныцца- уæзтой къанаутæ. Афтæмæй алы аз дæр уым уыд хормæ æнхъæлмæ кæсæн. Афтæ тынг нæ тарстысты, нæ дæр хурæй нæ дæр къæздайæ, их ма ’рцыдаид, уый йедтæ- мæ. Афтæ нæу, афтæ, иæ фидауыцджын хæхты ’хсæн. Афæдзы дæргъы кус, фæллой кæн æмæ дын дæ ахс- джиаг фæллой цыбыр рæстæгмæ æрдзон тыхтæ доны къусы сæфт фæкæнæд. Афтæ рауадис гъеныр дæр. Допы тыххæй сæ нарт- хор сæфы. Ахберд йæ сæр пæ разыйы тылд бакодта, уагззьу ныуулæфыд æмæ, цыма йæхи раст кæпыимæ 184
хъавыд, мæ аххос нæу, фæлæ æрдзы ныхмæ тох кæнын кæй нæ фæразæм, уый а-ххос у, зæгъгæ, уыйау сабыр- I ай сдзырдта: — Тыхджын хур нын сафы нæ нартхор. — Æнæ хурæй дæр уыцы зæххы дон хъæуы, дон Ахберд, æмæ æз дæр ууыл дзырдтон уалдзæджы тæккæ райдианы, — загъта та Арысхан. — Банхъæл’мæ кæсын хъæуы боныгъæдмæ, кæд фæ- асæстдæр уаид, — цыма, искæмæн ныфс лæвæрдта, уы- йау, арвы -сыгъдæг риуыл йæ цæст ахаста Хæсанæ, фæ- лæ йыл иу мигъы къуымбил дæр нæ зынди. — Æмæ куы нæ æруара, уæд та» йæ цы фервæзын кæндзæн? — хынцфарст æй акодта Арысхан. — Нартхоры тыхджын хур æрбалвæста æмæ йæ до- ны йедтæмæ ницы фервæзын кæндзæн. — Æрмæстдæр дон, -- сразы Ахберд. — Дон та мæ бæрны нæй, уæлладжы бæрны ис! — фæрæнтъызта. сæ йæ ныхасæй Арысхан. — Уыцы зæхмæ кæддæр дон бæргæ цыд, — йæ су- сæг фæид бакой кодта Ахберд. —Ныр та къанау аразыны фæнд кæныс? — фæ- тъæлланг кодта Арысхан. — О, мæнæ адæм сæрра сты, хуыцау дæуыстæн. Гъеныр ацы тæккæ тыхст рæстæджы уый зæгъын де ’взаг куыд бата’сыд? — Уынгæ уал æй фæкæнут, Арысхан, донмæ кæса- ьæн’аргъ цы кæнæм? — Ахберд, хистæр дæ, фæлæ, уый уæлдай ныхас у. Зилгæдоны тъæпæныл ауигъут уæ къух. Уый зæхх ни- куы уыди æмæ никуы уыдзæн. Æмæ уæ курын, бамба- рут мæ, мауал змæнтут фæсивæды. Мауал бæндæн ка> нут уæхи уьгцы æнæхайыры тъæпæныл. Науæд ацы ахс- джиаг куысты рæстæджы уый фесæфт æмæ фесæфг, фæлæ ие ’пнæ зæххытæй дæр фæзиан уыдзыстæм. Цы мын æй уынын кæныс? Уым къанау æнæхъæн районы колхозтæ дæр нæ сараздзысты- Хæсанæйы йæ хъуыдытæ дардыл ахастой. Тынг æй бафæндыд Зилгæдоны тъæпæнмæ æцæгæйдæр къанау арæзт куы ’рцыдаид. Уыйбæрц зæхх цас пайда хæссид алы аз дæр колхозæн. Йæ зæрдыл æрбалæууыд æрæ- джы иу журналы цы ног æмæ тыхджын машипæты тых- 185
хæй каст, уый. — Гъæй, джиди, — сдзырдта йæхины- мæр, — уыдон куы сарæхдæр уаижкой, уæд та цы хъæ- уы, цы. Иу машинæ дзы Терчы былмæ батæр. Æрцараз æй æмæ размæ гæрдгæ цæуид, йæ фæстæ та> цæттæ къа- нау уадзид. Ахæм машинæты руаджы Терчы алы ’рдæм дæр бæргæ ауадзиккам. Ацы хатт æм уæлдай растдæр фæкаст Арысхан. Тæккæ нартхор рувæнты ахс джиаг куысты рæстæг къанауыл куы фæуæм, уæд хæм- пæлы бын фæуыдзысты иннæ зæххытæ. — Уæ фыдæбоп кæй фæдзæгъæл, уый бæлвырд у, къанау саразын та иæу колхозы фадат! — Адæмы тых къæдзæх дæр халы, Арысхаи. Æмби- сонд Цæлыччы быдыртæ куы уыдысты. Цæргæ-цæрæн- бон уарынæй дарддæр доны хъæстæ чи нæ фæцис æмæ ма уыдонмæ дгер куы рауагътам дон. — Ахберд, Цæлыччы быдыртæм æнæхъæн респуб- ликæйы фæллойгæнджытæ рауагътой дон. Иумæ дзы куы куыстам, дæхæдæг куы федтай, цас адæм дзы уыц. Махмæ уыйбæрц хъару гсæм ис?.. — Омæ, уый æз зонын, Арысхан, — йæ фæндоныл фидар лæууыдис Ахберд, — фæлæ ныхас ууыл нæ цæ- уы, фенын хъæуы уыцы ауæзт æмæ уæд бæрæг уыдзæн. /Ез пыртæккæ уырдыгæй~æрбацыдтæн æмæ мæм афта* кæсы, йæ дæргъ цæйбæрц у, цыма йыл фыдæбон уый- бæрц нæ бахъæудзæн. Æртæ бæндæн -бæрц йедтæмæ йæ акъахын нæ хъæуы, стæй йæхæдæг згъорид размæ. — Ницы рауайдзæн уыцы фæндæй, — фидарæй сдзырдта Арысхан. Уæвгæ фырмæстæй йæ дæндæгты къæс-къæс цыд Ахбердмæ, фæлæ хистæр кæй уыд, уый ^атыр ын кодта, æндæра йын алывыд жалдтаид йæ хи- вæнддзинады тыххæй. -— Ды цæугæ-бынатмæ/Ахберд, — ныхас йæхимæ айста Хæсанæ. — Æз ныртæккæ бабæрæг кæндзынæн ауæзт æмæ уæд ахъуыды кæндзыстæм. Арысхан дæрзæг ныхæстæ скæнынмæ хъавыд йæ фыртыл, хъуыддаг лыггæпæг йæхи кæй акодта, уый тыххæй, фæлæ Ахберды цур тыхæй йæхиуыл фæХæцыд. Ахберд сыстад. Сыстадысты иннæтæ дæр. Ахберд йæ лæдзæгыл æрыицой кодта, зæхмæ ныккастис. Уыцы рæстæг сæ цурмæ æрбацыдысты иу къорд фæскомцæди- 186
соны. Се ’ппæты цæсгæмттæ дæр уыдысты сатъæсгъуыз, цыма колхозы разамынды бафæрсынмæ хъавыдысты Зилгæдоиы тъæпæны нартхор куы сæфы æнæ донæй, уæд цы ми кæнут, цæуылнæ исты æрхъуыды кæнут, зæгъгæ. — Мæ зынаргъ сабитæ, — фæсивæдыл йæ цæст ахæсгæйæ, сабыргай сдзырдта1 Ахберд. — Зилгæдоны тъæпæн уын кæй бакæнын кодтон, уымæй уæ разы ах- хосджын дæн æви нæ, уый æз бæлвырд нæ зонын. Фи- дæн сымах у æмæ йын фидæн æвдисæн уыдзæн. Æз ба- зæронд дæн, мæ хуртæ. Колхозы размæ кæд мæхи да- рын нæ фæрæзтои, уæддæр зæххы куыст кодтон, ныр дæр зæххы куыст кæнын. Зæрдæхудт куыст никуы ба- кодтон, уæхæдæг мæ уынут. Фæлæ уын зæгъын, мæ цард- дæрæнбонты уыцы зæхмæ фæбæллыдтæн. Фæсивæд æнгомдæр æрбалæууыд Ахберды алыварс Æмæ йæм цымыдисæй хъуыстой. — Афтæ мæм каст, цыма уый.зæхх нæу, нæ, фæлæ- сыгъдæг хæзна, нæ быдыргы астæумагъз. Æххормаг адæймаг дзаг фынг куы уына, йæ разы æмæ йын æм бавналыны хъомыс куы нæ уа, афтæ мæм касти уыцы- зæхх дæр. Иунæг адæймагæн зын уыд уыцы зæххæй спайда кæнын. Ахæм хъару кæм уыд мæгуыр лæгмæ. Фæлæ колхозты рæстæг куы ралæууыд, уæд затътон: «Гъеныр, гъе, Зилгæдоны тъæпæн, сар дæ мæрдты къо- иа каены, фæцæуын дæм мæ гутонимæ». Фæлæ та мæ фæнд нæ сæххæст. Мæрдты рухссаг уæд Арон, нæ кол- хозы фыццаг агроном, мæ хуыздæр лымæн, мæ ныхасыл дыууæ никуы загъта æмæ йын æй куы бакой кодтон, уæд мын афтæ: «Æнæ уый дæр куыд дзурынц, афтæмæй хурджын аз ахæсдзæн, тæссаг у не ’ннæ быдыртæн дæр фесæфынæй, уæд ма уымæн та цы акæндзыстæм». Раст рауад йæ -ныхас. Мæнæ ахæм хурджын аз ахаста. Уæ- дæй фæстæмæ мæ хъуыды иикуыуал ской кодтон, фæла; мæ æнщой дæр нæ уагъта. Иу къорд хатты ма йæ мæ фыны дæр федтон. Афтæ мæм каст, цыма Зилгæдоны тъæпæны хурсыгъд буар цъæх халсар фестад æмæ йыл зайы канд нартхор нæ, фæлæ мæнæу, хъæдур, гæн, цайгæрдæг. Быдыры кæрæт- ты зæу-зæу кодтой дыргъбæлæстæ, сæнæфсиры цупæлт- 187
тæ, ноджыдæр астæуæй стыр малтæ, иуты цъыллынджы- тæ кæнынц кæсæгтæ, аннæты мингæйттæй ленк кæнынц урс-урсид хъазтæ æмæ бабызтæ сæ бирæ лæппынтимæ. Ахберды ныхæстæм, аргъаумæ хъусæгау, сабыргай хъуыстой иууылдæр. Ахберд исдуг æнæдзургæйæ, алæу- уыдис, стæй уæззау ныуулæфыд, цыма цæргæ-цæрæнбон- ты цы хъуыддатмæ бæллыд, ууыл ныр йæ къух ауыгъта, уыйау æнкъардæй загъта: — Афтæ, мæ хуртæ. Æз дæр нæ иумæйаг царды тых- хæй хъуыды кодтон æмæ мын хатыр( уæд, кæд зæронды бон æруагътон рæдыд, уæддæр барæй нæ уыд. Мысост бадтис быдырон станы акомкоммæ обауыл æмæ быдыртыл йæ цæст хаста. Зæрдæ рухс кодта сæ уындæй. Фæлæ Зилгæдоны тъæпæныл куы аныдзæв- дысты йæ цæстытæ, уæд ын, цыма, ууыл, ныхæсгæ акод- той, уыйау сæ нал иста. «Цы у дæс гектары зæххæн иу бæхуæрдон æмæ’боцкъа? Фурды тъепа». Фæлæ тынг фæ- тæригъæд кодта Ахбердитæн- «Æмæ цы диссаджы лæо у, цы? Мæнæй кæд уа, уæддæр иу дæс азы хистæр, фæ- лæ ерыс кæны фæсивæдимæ, æдзухдæр уыдон æмрæнхъ куы уаид, афтæ йæ фæнды. Ахæм лæгæн зæронд зæгъын тæригъæд у» Дардæй æрбазынд чидæр, цавæрдæр æх- сызгоп зарæджы мыртæ фæлвæрдта ныллæг хъæлæсæй. Мысост æм æдзынæгæй акасти йæ къухы аууонæй æмæ пе ’ууæндыдис йæ цæстытыл. Комкоммæ быдыры стан- мæ, йæ зарæг фæсабырдæргæнгæйæ, æрбацæйцыд Цæр- гæс. Мысосты зæрдыл æрбалæууыд, æрæджы колхозы разамынды куыд зæрдиагæй7 ныхас кодта йемæ. «Цы сфæнд кодта, цымæ, уæддæр» — ахъуыды кодта Мысост йæхинымæр. Уæдмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд Цæргæс æмæ йын арфæ ракодта. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста, Цæргæс? — Мæ-гъа, сфæлмæцыдтæн хъæуы. Фæсивæд — ам, æз—уым,—цыдæртæ ма зæгъынмæ хъавыд Цæргæс, фæ- лæ йæхиуыл фæхæцыд. Æрæджиау афтæ бак<здта: — ам ис цард дæр æмæ хъæлдзæгдзинад дæр. — Раст зæгъыс, Цæргæс, æмæ дæхи цæмæп æтх 188
хай кæныс уыцы цард æмæ хъæлдзæгдзинадæй? Арыс- хан дæм кæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсы. Уырдæм кæд нæ цæуыс, уæд та мæ колхозмæ рацу. —Мысост, — куыддæр æфсæрмы кодта Цæргæс, — - аххосджыныл мæхи нымайын, нал бадын æз дæр хъæ- уы, фæлæ мæ нæ фæнды Кæрæфбеджы бынатмæ, хæрам лæг у æмæ... Кæд гæнæн ис, уæд Арысханæн зæгъ æмæ мын æндæр исты куыст радта, хыгъдхæссæг дæр уæд. — Æппæты фыццаг уал: Кæрæфбеджы Радиты Ду- дар хоны йæх»мæ хъуыры цъарæй, хъæууонхæдзарады хайады сæргълæууæгæй. Нæ бонæй нæ уа, цавæр хицау нын уыдзæн. Æмæ уый фæндараст фæуæд. Дыккагæй та, ды цавæр куыст агурыс? Хыгъдхæссæджы? Уæууа, ху- динаг та дæм куыд нæ кæсы, ахæм домбай, пылыстæг эдæймаг æмæ низджын лæджы бынатмæ бæлл, — йæ къухæй февнæлдта Цæргæсмæ, цыма йын йæ хъару фæл- вæрдта, уыйау, — къæпи, <къæпи, Цæргæс, йæ ком ме- тры фæтæн кæмæн уа, раст ахæм, гъе та, кæрдгæйæ, æхситт чи’кæна, ахæм схъæлфындз цæвæг æмæ нырмæ дæр кæй фæбадтæ, уый лыгъд дæр кусын хъæуы. Цæргæс йæхæдæг дæр ницы хуызы сразы уыдаид, хыгъдхæссæджы куыстыл, фæлæ цыма йæ сæры æнæ- бары февзæрд уыцы хъуыды, афтæ куыддæр рауад æмæ иугæр ныхас куы сирвæзт, уæд ма йыл æрæджиау фæфаесмон кодта, фæлæ цы гæнæн уыд. Тэппы нæмыг атахти лулæйы хуылфæй — ахсæн ын нали. — Мысост, — куыддæр æвæндо-нæй сдзырдта Цæр- гæсæмæ, цыма, кæддæр хæсты быдыры цы ард бахорд- той, уым Цæргæсы аххосæй фæзынд чысыл æгаддзина- ды стъæлф, уыйау дзы хатыр ракурынмæ хъавыдис, фæлæ та ногæй йæхиуыл фæхæцыд, — цæй, ницы! — йæ къух ауыгъта Цæргæс. Мысост хорз æмбæрстз, Цæргæс тынг кæй æрфæс- мон кодта йæ рæдыдыл, кæй йæ фæнды цыдæр зæгъын дæр, уымæ гæсгæ йын йе уæхсгыл йæ къух æрæвæрдта æмæ йын афтæ: — Цæй, Цæргæс, Зилгæдоны тъæпæны бонтæ ма нымай, афтæмæй фæсхæстæй нырмæ цы ацардтæ, уый сау кърандасæй ныххах кæн дæ рæсугъд цардæй. Уый 189
у æрмæстдæр, мигъы къуымбилы хуызæн, зæрдæрыст,. зæрдæмасты хос. Цæргæс ныртæккæ разы уыдис фыды цæстæй кæмæ -ка.ст, уьщы Мысосты раз зæххы скъуыды ныххауыныл. Афтæ разы уыд йæ цардæй къорд азы радтыпыл уыцы сау стъæлф уыпыны бæсты, фæлæ ахæм фæндонæн бах- хæсггæнæн шæ уыд. .Ууыл чысыл нæ ахъуыды кодта а-фæстаг бопты Цæргæс. Уыцы сау стъæлфæн ссæуæн нæй, хорздзипæдты рухсы куы нæ батайа, уæд. Хорздзи- пæдтæ та адæймаджы къухы æфтынц æнувыд фæллойы фæрцы.Æрмæстдæр Зглшгæдоны тъæпæны зиуы рæстæ- джы. Цæргæс бафиппайдта ногæй йæ хæлæртты рæвда- уæн æпгæс. Æмæ уæд Ирæ та? Æдзухдæр æм сусæгæй ^йæ цæст дардта. Бæрæг уыд йæ цæсгомæй, сусæгæй кæй цин кодта. Æмæ æниу йæ мад Къудухон? Афтæ хъæл- дзæгæй йæ фæстаг рæстæджы никуы уал федта. Фæлæ цæй диссаг у мад уæддæр Мæ фæсфæд æдзухдæр йæхп æфхæрдта. Мæ цуры та йæхиуыл хæцын фæрæзта. Цы- ма æз нæ дæн уый раз аххосджын, фæлæ уый уыди мæ разы аххосджын, йæхи афтæ дардта. Æмæ ныр, йæ рæдыд бамбаргæйæ, Цæргæс фæзынд Мысостмæ. Мысост йæ тетрад райтыгъта æмæ йæм æй бадаргъ кодта. Цæргæс æй айста, æркаст æм лæмбы- пæг. Тетрады сыфтыл уыдис алыгъуызон къæдз æмæ раст хæххытæ, сæ бынмæ чысыл фыстытæ: «Хъæды тæл- мытæ>\ «доны къанаутæ», «фосы фермæтæ», «сывæл- лондон», «кæсæндон», «физкультурон фæз», «найæндои» æмæ бирæ æндæр ахæм цыдæртæ. Цæргæс æнæмбарæ- джы каст бакодта Мысостмæ. — Мæхицæн дæр бынтон бæлвырд нæма сты, Цæр- ]æс, фæлæ дæм -куыд кæсы, ахæм хъуыддæгтæ арæзт •куы ’рцæуид нæ быдырон станы алыварс, уæд? Цæргæс раидианы мидбыл бахудт1и, стæй ахъуыды кодта æмæ загъта: — Хорз фæндон у. — Фæндон хорз у, уый диссаг иæу, фæлæ йæ баххæст- кæнын нæ бон бауыдзæн, æви’ нæ, уый у сæйрагдæр хъуыддаг æмæ йыл арфдæр ахъуыды кæнын хъæуы не ’ппæты дæр. Мысост æмæ. Цæргæс сæ тæккæ ахсджиаг ныхас- 190 .
кæныныл куы уыдысты, афтæ сæ æрбаййæфта Хæсанæ. — Цæргæс! — дисгæнæгау бакодта Хæсанæ. — Амопдджын къах нæм æрбавæр. — Къанаукъахыпмæ иæм фæзынд. Цæй, куыд у ауæзты хъуыддаг, а^бæрæг æй кодтай, исты дзы рауай- дзæн, æви нæ? — бафарста Мысост. — Гъæй, джиди, раздæр уыцы хъуыды куыд не ’рцыд нæ сæрмæ!.. — Цыбыр дзырдæй, ис ын рауадзæн? — Иунæг мæхи бригад дæр æй бæргæ рауагътаид, фæлæ ныр ууыл куы фæуæм, уæд не ’ннæ нартхор хæрз- сæфт фæуыдзæн. —■ Ислам нæм фæкæсдзæн, Хæсанæ, фæскомцæдисы райком ахæм хъуыддæгты стыр разæнгард у. — Бæргæ! — бынозæй сулæфыд Хæсанæ. Станы фæрсты йæ бæхуæрдоны ’æнæ-боцкъайæ фæ- цæйцыдис «Уæлахиз»-ы колхозы донласæг Дзибыл, дйрдмæ базыдта Цæргæсы æмæ сæм æввахсдæр фæнда- гыл йæ уæрдон батардта. —Арфæ уын кæньш, колхоз «Уæлахизы» разамынд! — Арфæйаг у, Дзибыл, фæлæ, цыма, æз «Размæ- йы» колхозæй дæн, — салдм ын радта Мысост, Хæсанэ? та йæм йæ къухæй бавзыста. — Кæд уæ мыййаг хъæумæ исчи цæуы? Мæ боц- къайы бæсты мæ бон у -искæйы аласын, науæд иунæгæй æнкъард кæнын? — Хорз, хорз, мæ хур, иу чысыл фæгæдзæ кæн, - • Мысост Хæсанæимæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Цæр- гæс кусынмæ фæзынд. — Цæргæс? — афарста Хæсапæ. —- Цы йыл дис кæныс? — Нæ, куы ницы зæгъын, табуафси, æгайтМа... — Ныр та цæугæ дæлæ Дзибылимæ Исламмæ, æмæ, тетрады сыфы цыдæртæ афысгæйæ, стæй йæ цыппар ды- дагъы бакæнгæйæ, радта Хæсанæмæ. — Кæд нæм къанау къахынмæ адæмæй фæкæсид хуыпаубоны, бамбæрстай? , — Цы ’мбарын мын æй хъæуы, исты хатиагау куы ’нæ дзурыс. — Боны цъæхтыл уæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. 191
Хæсанæ уайтагъддæр багæпп кодта Дзибылы уæр- донмæ. Дзибыл февзыста бæхмæ, размæ атылд уæрдон æмæ чысыл фæстæдæр фæаууоп обауы фæстæ. — Ды та цæугæ уæ быдырон станмæ æмæ уæ кол- хозы бухгалтер Джетæгъæзы феи. Рагæй дæм æнхъæл- мæ кæсы. Кæрæфбег куыста йæ цæхæрадоны зæххыл. Тæвд æмæ æнудæй тынг фæлмæцыд. Хиды æртæхтæ згъорд- той йæ нард уадултыл. Йæ урс цикьæ хæдоныл ын, цы- ма, исчи доны къæрта бакалдта, афтæ ныххуылыдз. Æппынфæстаг сфæнд кодта иу чысыл баулæфын. Ныу- уагъта йæ куыст æмæ бæласы бын аууонмæ йæхи байс- та, нæ цæст аха-ста йæ картофы зæххыл, зыд каст кодта картофы губаччытæм. Рæсугъд сагъд, сыгъдæг куыст, рæнхъæй-рæнхъы æхсæн, цыма, исчи! галдзармы султъы- тæ аскъæрдта, дардмæ афтæ зындис æнæхъæн хуым. Кæрæфбеджы зæрдæ тынг æхсайдта, дас дзы æркъах- дзæн, уый рагацау базонынмæ. Сыстад æмæ йын йæ рæнхъытæ банымадта, банымадта иу рæнхъы цал гу- баччы ис, уый дæр, стæй фæстæмæ бацыд бæла-сы бын- мæ, систа йæ дзыппæй къарандас æмæ гæххæтт, уæлейæ картофы рæнхъытæ ныффыста, сæ бынмæ та губаччы- тæ æмæ сæ хаткæныныл схæцыд. Цал губаччы сты, уып куы базыдта, уæд æй бафæндыд, цал голладжы скъах- дзæн, уый базонын дæр. Дыууæ, æртæ губаччы йын рæс- тæмбис нымадæй ведрайы дзаг куы дæдтой картоф, уæд, фæлæ цал голладжы æркъахдзæн, уый базонын йæ къухы нал бафтыд, уымæн æмæ дардмæ ауыдта Джетæ- 1ъæзы æрбацæйцæугæ. Фехæлд Кæрæфбеджы хъæлдзæг зæрдæйы уаг. Цыма йын исчи маст джитъри ахæрын кодта, афтæ фелхынцъ кодта йе ’рфгуытæ. Рагацау ба- зыдта, цæмæндæр та’ йæ кæй агурынц. — Цы мæрдтаг дæ, дæ хорзæхæй, æвиппайды куы ’рбайсæфыс, уæд дæ егар куыйтимæ дæр ссарæн куы нæ уал вæййы, æви зæххы скъуыды ныххауыс, гъё дæ дон йæ бынмæ нылласы? — Джетæгъæз уайдзæфы бын фæкодта Кæрæфбеджы. 192
— Омæ мæ цы кæнут, æви æнæ мæн уæ хъуыры нал цæуы? — мæстæймарæгау, ба(фарста Кæрæфбег æмæ Джетæгъæзмæ хинæйдзаг худт бакодта. — Арысхан дæ агуры! — йæ хид асæрфта Джетæ-* гъæз. — Тагъддæр цом! — Цы мæ кæны уыцы фæдисæй? — Уый тыххæй йын йæхи афæрсдзынæ. Тынг нырт* хъирæн кодта æмæ загъта: ’кæд, дам, зæххы скъуыды ныххаудта, уæддæр, дам æй ссарут. Кæрæфбег бамбæрста, Арысхан та цæуылдæр тынг кæй смæсты ис æмæ йыл, æвæццæгæн, ныртæккæ куы фæхæст уа, уæд ып каисы хатыр нал фæкæндзæн, алы- ьыд ын акалдзæн. «Уæд та ма ацæуин? Æмæ мæм .кæд мыййаг Арыс- хаи нæ, фæлæ Радиты Дудар дзуры? — йæ мидбылты сусæгæй фæхудт Кæрæфбег. — Комбинаты директорæй бынмæ цъызвытт æмæ завхозæй агæпп кодтон. Ныр та ардыгæй райæххæсткоммæ — пæррæст æмæ дæ бонтæ хорз уæд, райæххæсткомы хъæууонхæдзарады хайады сæргълæууæг Алæмæтаты Кæрæфбег. — Ахæм æнтæфы йæ бæргæ нæ фæидыди станмæ. цæуын, фæлæ уæддæр æнæбары араст Джетæгъæзы фæстæ. Тæккæ ныллæгдæр обауы дæллагфарс хæрхæмбæлд фесты Арысханыл. Уый мæсты урæд фæкодта йæ бидаркæ. Хорзау нал фæцис æнæнхъæлæджы фембæлдæй Кæрæфбег. — Цæсгом армы-дзаг йедтæмæ нæу æмæ дæх1ицæй та цæуылнæ’ æфсæрмы кæныс? — комкоммæ Кæрæф- бегмæ бакæсгæйæ, загъта Арысхан. — Арæби, мæ цæхæрадоны... — Æнæрай фæкæ дæ цæхæрадонæй! — фæтъыл- ланг ыл кодта Арысхан æмæ йæ дзурын дæр на бауагъ- та, кæд ма Кæрæфбег уæвгæ цыдæр зæгъынмæ хъавы- дис, уæддæр. — Джетæгъæз, ныртæккæ цæугæут æмæ акт скæнут, абонæй фæстæмæ завхозæй кусдзæн Бад- джериты Цæргæс. — Чи? — цыма хорз нæ фехъуыста Джетæгъæз Арысханы ныхас, афтæ йæ афарста æмæ кæсæнцæсты- ты сæрты бакаст Арысханмæ. ^— Бадджериты Цæргæс Бибойы фырт!!! Бамбæрс- тай? Цæугæут ныр, — Арысхан »бæхы гуызийыл æрба- 13* 193
хæцыд æмæ йæ фæндаг сарæзта æртьгккаг брЪгады зæххыл Зилгæдоны тъæпæнмæ. Кæрæфбеджы исдуг нæ уырныдта хабар. Æппæт дæр æм каст фын фенæгау, стæй æвиппайды æрбамæсты æмæ кæд Арысхан дзæвгар адард, ницыуал фехъуыс- таид, уæддæр æм фæстейæ ахъæр кодта: — Хорз, хорз, фæлæ фендзыстæм, кæддæра æнæ Кæ- рæфбег цы бакæниккат! — Цы ма бжæндзыстæм, æнæ фесæфгæ нын иал ис, — фæрæхойæгау æй кодта Джетæгъæз, — уæвгæ та йæхинымæры ахъуыды кодта: — «ды сæфт æмæ сæфт, Цæргæс та дæуæй сæфтдæр. Уæ иуыл — голлаг, уе ’ннæуыл — хъиссын». Цал хатты дын загътон, хæстæ- джы хатыр дын кæны Арысхан, æндæра дæ раджы фæ- сырдтаид, цæй завхоз ис дæуæй? Дæуæй мæ гал — æгæвдæс. — Цæмæн, цæмæн, Джетæгъæз, — йæ маст тыхæй æмбæхсгæ, дзурыныл фæлвæрдта Кæрæфбег. Уæвгæ та фырмæстæй йæ хъоппæг цæстытæ туджы зылдысты. Æрфгуыты тар æлхынцъ нал хæлди, афтæмæй, арсы фæстаджы хуызæн йæ цыбыр ставд къæхтæ сабыргай иста размæ. — Уый та дын хорз хæстæг, — хъуыды кодта йæхи- нымæры Кæрæфбег. — Гъе, кæннод та дын цы зæгъон, кæдсуарийы аргъ дæр пæ дæ. Сиахс, колхозы сæрдар, æппæт дæр йæ къухы, куы йæ фæнда, уæд адæмы дон- мæ æрвитдзæн æмæ сæ æнæ донæй здахдзæн. Ахæм бартæ фæлвар дæ иунæг хæстæгыл! Йæ къубалыл ын бахæц æмæ пæ ныххурх кæн! Уый цæй сиахс у мæнæн? Æмæ ’кæд иннæты цæстмæ барæй йæхи афтæ дары? Ра- диты Дударæн йæхæдæг куы дзырдта? Æви райæххæст- комы ахæм бынат колхозы завхозы бæрц дæр нæ ма- ры? Æфтиаг дзы, чи зоны, къаддæр уа, фæлæ йæ кад би- рæ бæрзонддæр у, иумæ сын абарæн нæй, — афтæ, йæ- химидæг хъуырдухæн æмæ быцæугæнгæ, бахæццæ станмæ. Станы раз сыл амбæлд Бадджериты Цæргæс. Кæд- дæртау йæ дзыхы нæ уыд дæргъæй-дæргъмæ ставд паиирос, фæлæ цыбыр, лыстæг. Иæ галиу къух та гали^ фе’хæлафы дзыппы тъыст, афтæмæй пьæртт кодта та- 194
тлако. Кæрæфбег æмæ Джетæгъæзы куы ауыдта, у.^д -сыл бацин кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæм Кæрæфбег тар æрфыгæй бакаст æмæ æпæ исты сдзургæйæ, йæ фæрсты сæргуыбырæй баивгъуыдта нæлгоймæгты уат- мæ. Джетæгъæз афæстиат Цæргæсы цур. — Цы йыл æрцыд, дæ хорзæхæй, дзургæ дæр куы нæ уал кæны? — афарста Цæргæс Джетæгъæзы. — Иæ хъуыры нал щæуы, — йæ мидбыл бахудт Дже- тæгъæз. — Кæй хъуыры нал цæуы, ахæм жаст нæ ’кæны, — бафиппайдта Цæргæс. — Арфæ дын <кæнын дæ ног бынатьГтыххæй, — мæс- тæймарæгау, сдзырдта Джетæгъæз Цæргæсмæ æмæ йæм лгинæйдзаг каст бакодта. — Арфæгонд у, — Цæргæс фенхъæлдта, Джетæгъæз ын рæхойæн ныхас загъта, ома йæ хъавы бафхæрынмæ, нырйуонг быдырмæ кæй нæ фæзынд, адæмимæ кæй нæ куыста, фæлæ хъæуы йæ рæстæг дзæгъæлы кæй сæфта, уый тыххæй. Ницы йæм сдзырдта. Цæргæс хорз зыдта, быдырмæ рацæуыны агъоммæ дæр, бирæтæ йыл райди- аны кæй нал æууæнддзысты, кæн йæ мæстæймардзыс- ты, кæй йæм кæсдзысты зулдзæстæй, фæлæ æппæт уы- иы хъуыддæгтæн зыдта-æрмæстдæр иунæг хос—бафæ- разын хъæуы æппæт уайдзæфтæн дæр. Ницы дзурын — тæккæ хуыздæр хос’ Уымæ гæсгæ Джетæгъæзы æлхыскъ ныхасмæ ницы сдзырдта, фæлæ тамако тынгдæр спъæртт кодта. йæ комæй, гакъон-макъонгæнгæ, уагъ- та фæздæг. Райдиаиы-иу бæзджын фæздæг рацыд здых- тытæгæнгæ, урсцагъд къуымбилау, стæй-иу фæлурсгæн- гæ, уæлдæфы, цыма тапгæ акодта, уыйау æрбансæфт. «Гъе, афтæ у дæ хъуыддаг дæр, Бибойы фырт, хъæ- уы дæ хъæддых фæлæууын, дæхи равдисын, æнувыдæй бакусын, уæд дæ хорз хъуыддæгты æхсæн дæ ныртæк- кæйы ницæйаг ном æрбайсæфдзæн, мæнæ ацы тамако- йæ фæздæг сыгъдæг уæлдæфы куыд æрбайсæфы, афтæ <æмæ та ногæй дæ гаччы сбаддзынæ», —■ хъуыды кодта Цæргæс. — Цæй, цы ми кæнут? — мидæгæй мæсты хъæр ра- кодта Кæрæфбег. 195
— О, цом æмæ Арысханы æрбацыдмæ акт скæнæм, науæд нæ масты бын фæкæндзæн, — тагъд-тагъд сдзырдта Джетæгъæз. — Цæугæ, табуафси, æз дæ куы нæ уромын. — Уæв^ гæ цавæр акты кой кодта Джетæгъæз, уымæн ницы бам- бæрста Цæргæс, йæ папирос аппаргæйæ," йæ къæпийы коммæ æркаст, ахаста йыл йæ къухы уырзтæ. Цыргъ кæнинаг нæ уыд, фæлæ йæ роны тъыст рæс райста æмæ иуварс бæласы бын аууоны цы бадæн уыди, уырдæм фæцæйцыд. — Кæдæм? Акт кæнын хъæуы, — загъта та Джетæ- гъæз. — Омæ скæнут, чи уæ нæ уадзы, мæн цы хъуыддаг ис уæ актимæ. — Уый та куыд цы хъуыддаг? Ды завхоз уыдзынæ, æз та дын акттæ кæндзынæн? Кæрæфбег кæд мидæмæ ацыд, уæддæр йæ хъус дард- та Джетæгъæз æмæ Цæргæсы ныхасмæ, æмæ Цæргæс куы нæ цыд, уæд æм мидæгæй мæсты хъæр ракодта: — Бирæ ма фæлæудзыстут уым, æви дæхицæн ахæм бынат æихъæл нæ дæ, Бибойы фырт?! Кæрæфбеджы уайдзæф хъыг уыдис Цæргæсæн. Æр- бамæсты -йæ кодта. Афтæ йæм каст,'цыма, ’кæд цыфæн- ды рæдыд фæкодта, уæддæр Кæрæфбеджы хуызæн сæфт нæу æмæ никуы уыдзæн. Йæ къæпи дæр нал ны- вæрдта, афтæмæй Джетæгъæзы фæстæ мæстджынæн. бацыд мидæмæ. 6 Быдыры станы фарсмæ, бæласы зæнгыл баст уыди бидаркæйы ифтыгъдæй Арысханы бæх Згъар. Йæ разы цы кæрдæджытæ уыд, уыдон хæргæ нал кодта, фæлæ ма сын, цыма, се ’хсæн цыдæр агуырдта, уыйау сæ йе ’мбудæцтæй фæйнæрдæм калдта æмæ дзы куы ницы- уал ардта, уæд сæ ныууагъта. Арысхан цалынмæ Згъа- ры нæ бабаста бæласы зæнгыл, уæдмæ дзы иунæг бындз дæр нæ зынд, фæлæ ныр æрæмбырд сты Згъары алы- варс. Бæхы цæстыты цур æмтъери тахт кодта чысыл бындзыты дзыгуыр, цыма хоры нæмгуытæ уæлдæфы 196
скалдысты, уый хуызæн. Кæд-иу арæх абадтысты Згъа- рыл, уæддæр сæ нæ хъуыды кодта. Ницы уыд чысыл бындзыты бон. Фæлæ Згъары тыхсын кодтой дзынга- тæ. Хивæнд у дзынга. Кæд сæ Згъар, нæ ’уагъта йæхи- мæ, сырдта сæ хъусты тылдæй, къæхты змæлдæй, буа- ры рызтæй, къæдзилы цæфæй, уæддæр уыдон уисæн нæ кодтой. Абадтыстььиу йæ пыхыл, йæ фындзыл, куы та йæ риуы гуыдырыл. Искуы-иу куы баирвæзтысты бæ- .хы буармæ, уæд-иу сæ цыргъ фаттæ аскъæрдтой бæхы буары хъуынты æхсæнты æмæ-иу ын йæ цармæй туг суагътой, цъырдтой нæ хæлæфæй. Ахæм рæстæджы-иу Згъар тынгдæр змæлын кодта йæ рæсугъд буар, ар- .хайдта-иу дзынгайы асурыныл. Арысхан баныд бæхмæ æмæ йæм сдзырдта: — Ам ма дæ, Згъар? Бæх, цыма, йæ хицауы бамбæрста, уыйау сабыр- тай бамыр-мыр июдта. Арысхан йæ къух æрхаста бæхы буарыл, æрсæрфта йæ. Арысханы къух кæм аныдзæвд, уым-иу бæхы буар йæхимидæг баризæгау кодта. Арыс- хан æрзылд- бæхы алыварс, уыдта йын пæ цæфхæдтæ. Бæхы къахыл-иу æрхæцыд æмæ-иу бæх йæхæдæг йæ <:æфтæг равдыста. Арысхан-иу цæфхады /бахоста ехсы хъæдæй. Бæрæг сæ кодта, фидар ма хæцы, ахауынæй дзы искæмæи тас у, æви нæ, зæгъгæ. Уый фæстæ бæласы зæнгæй суагъта гузи, сбадт бидаркæйы, ехсæй февзыста бæхмæ æмæ Згъар сæппуадæй згъордта размæ. Арысхан станæй куы фæхицæн, уæд та йæ сæры зил- дух кодтой алыгъуызон хъуыдытæ. — Диссаджы зæронд лæг, — хъуыды кодта Ахберды тыххæй, — цыма нæ хъæуккаг нæу^ фæлæ нæм уæлар- вæй эёрхаудта, афтæ мæм кæсын байдыдта. Кастæн æм ^æндæр цæстæй, зынди мæм æндæр адæймаджы хуызæн. Æз дæр, дам, нæ иумæйаг цардыл хъуыды кодтон. Æмæ йæ фæнд уæвгæ куы рауаид, бæргæ, фæлæ ми- ’тæй галуантæ чи амайы? Зилгæдоны тъæпæн æцæг хæз- на у, фæлæ хæзнатæй фылдæр цы ис нæ зæххыл, æр- мæст се ’ппæтмæ лæг не ’ххæссы.-Цыбыр къух у нырма адæймаг. Уыцы зæхмæ канд Ахберд нæ бæллыд, фæлæ ма дзы ахæмтæ уыд, ис æмæ уыдзæн. Районы колхозтæ -æз «фæраздæроныл тох кæндзысты, æз та Зилгæдоны 197
тъæпæныл хъуыды ’кæндзынæн, уымæ къанау уадзы- ныл ныллæууон? Нæ, уый гæнæн нæй! — быцæу кодта* йæхиимæ. — Ацы хатт сымах цы зæгъут, уый нал ра- уайдзæн, Ахберд æмæ Хæсанæ. Ауаддзæджы дæр нæ- рауадаид, фæлæ Уарийæн цы загъдæуа, уæ фарс ныл- лæууыд, нæ мæм байхъуыста. Ноджы сæ ме ’рдхорд Мыоост бауырнын кодта. Хæсанæимæ раст иу джиппы уагъд сты, цы зæгъа, ууыл дыууæ дзурæн нæй. Ныр ахæм хурджын аз, Уари хæрзаг йæ рæдыдыл æрфæсмон. кодта. Радиты Дударæй йе ’уæны мигъ бады. Æвæ- дза, ныр йæ разы балæууыдтæн, уæд мын алыгъуызон цитатæтæй фидар кæнид, Зилгæдоны тъæпæн кæнын кæй бауагъта, уый тыххæй йæ рæдыд. Æппæты фыэдаг- дæр зæгъид, ома ку.сгæ чи ницы кæны, уый рæ- дигæ дæр нæ кæны. Дыккагæй та, парти æмæ хицауады уынаффæ у колхозон хуымгæнды зæххытæ цæмæй фæ- фылдæр кæнæм, уый тыххæй. Уымæй, халонау, йе уæ- ны кæсы раст. Цыма рагацау азы хъæд куыд ахæсдзæн, уый зыдта, ахæм хинæйдзаг уынаффæ бакодта. Колхо- зы иумæйаг хуымгæндты -пълан, дам, хъыгдард ,куыд не- ’рцæуа, афтæ дзы бафæлварут, зæгъгæ. Тракторæй дæр ма нæм фæкаст. Хинæйдзаг у, хинæндзаг, авд хохы фæстæ мæгатæ цæуыл тох кæнынц, уый дæр æмбары. Арысхан Уарийы дæр кæй аххосджын кодта, уымæй’ исдуг фефсæрмы. Раст æм нæ фæкастысты йæ хъуыды- тæ. Уарийы зонынц районы æппæт фæллойгæнджытаз- æвæлмæцгæ ленинон куырдадзы æхсыст партион ку- сæгæй. — О, ди-ссаджы кусæг у æнæмæиг дæр. Рапоны кусджытæ радгай уадыстьГ Арысханы цæс- тытыл, фæлæ дзы Уарийы фарсмæ дыккаг ахæм кæй æрæвæрдтаид, уый нæ уыд. «Кæд Радиты Дудары, фæлæ æпхъæл нæ дæн. Зæрдæйæ-зæрдæмæ Дударимæ бирæ æнгомдæр дæн. Фæлæ куысты цæхæр Уаримæ фыл" дæр хатын. Ахæм ахсджиаг кусæг куы нæ уыдаид уы- мæй размæ дæр, уæд нæм æй партййы обком хæсты уæззаудæр рæстæджы пе ’рырвыстаид. Нæ, нæ, тæри- гъæд ныхас загътон Уарийæ, — ногæй та ахъуыды код- та Арысхан. — Уыцы уæззау азты Уари ссардта алы 198
адæймаджы зæрдæмæ дæр дæгъæл. Цæджджинагау га æхсыст районы æппæт куыст дæр. Райкомы кусджыты бафидар кодта колхозтæм æмæ сæ алчи дæр дзуапп лæ- вæрдта партийы райкомы бюройы размæ йæ куьгсты тыххæй. йæхæдæг райста колхоз «Уæлахизы» — райопы тæккæ фæстæзаддæр колхозы æмæ йæ ракодта раззаг бынатмæ. _ Арысханы зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт куырой йæ зилынæй кæй ныллæууыд, уый тыххæй йæ Уари кæй бафхæрдта. Куыройы коймæ йæ хъустæ ногæй ссыгъ- дысты Арысханæн. — Цы у куырой? — сабыргай дзырдта уæд Уари Арысханæн, — ницы. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр куырой. Фæлæ йæм хуымæтæджы цæстæй кæсын нæ хъæуы. Стыр механизмы чысыл, фæлæ ахсджиаг лæс- гæрæн цы нысани-уæг ис, ахæм у куырой адæймаджы царды. Куырой кæй ныллæууыд, уый аххосæй колхоз не скодтой дзул. Æнæ хæлцæй та колхозы бон нæ уы- дис йæ адæмы хъæды куыстмæ арвитын, уымæ гæсгæ^ цалынмæ куыроймæ дон уагътой, ссад амал кодтой, уæдмæ хъæдæрмæг цæттæгæнæг бригады куыст ны- къуылымпы. «Уазалцæстæй кæсæн нæй, чысыл хъуыддаг кæй хонай, уымæ дæр, — Арысханы зæрдыл ногæй æрба- ’лæууыд&сты Уарийы ныхæстæ. — Стыр хъуыддæгтæ •кæддæриддæр баст сты чысылтимæ æмæ арæх æвзæ- рынц уыдонæн сæхицæй, стыр фурд, чысыл цæугæдæт- тæй куыд æвзæры, афтæ». — Зондджын разамонæг у, тынг зондджын, — цыма Арысханы исчи Уарийæ фарста, куыд дæм кæсы, зæгъ- гæ, уыйау, дзуапп радта йæхицæн.. Згъар фаддзу кодта, фæндагыл размæ тындзгæ. Кæд æй бæласы аууон станы фарсмæ дзынгатæ хъыг дард- той, уæд сæ ныр фæхицæн. Иу чысыл ма йæ, фæстийæ сурæгау, акодтой, стæй йæ ныууагътоп, атахтысты фæстæмæ. Æрмæст дзы нæ фæхицæн сты чысыл бын- дзытæ. Уыдон къахдзæфы бæрц дæрддзæгмæ тахтысты Згъары разæй, цыма йын фæндаг амыдтой, уыйау. Арысхан бахæццæ, сæ колхозы быдыры астæу цы стыр обау уыди, уымæ. Рахызт бидаркæйæ .æмæ йæхи 199
систа обауы сæрмæ. Фæлгæсы уæрæх быдыртыл фæйнæ- рдæм. Тыхджын хур сыгъта бæстæ. Иокуы-иу æнæ- нхъæлæджы куы фæзынд рог уддзæф, уæд-иу базмæ- лып кодта гауызæвæрд мæнæуы хуымты. Денджызы улæнтау-иу хъазын систой ставд æфсиртæ. Куы-иу иуы- рдæм акъул сты, бургъуыз ферттивгæйæ, куы та иннæ- рдæм, стæп та-иу уддзæф кæмдæр куы фæаууон, уæд- иу æнцад слæууыдысты, сæ уæззау сæртæ æркъул кæн- «гæйæ, цыма, уддзæфы æрбайсæфтыл мæт кодтон, афтæ. Арысхаиы зæрдæ рухс кодта мæнæуы хуымты уыи- дæй. Ставдæфсир мæнæуы хуымтæ цæттæ кодтой æмæ йæ фидарæй уырныдта ацы аз сæ колхоз кæй райсдзæн тæккæ бæрзонддæр хорæрзад. Фæлæ йын иннæрдыгæп та йæ зæрдæйы стыр маст уагъта Зилгæдоны тъæпæн. — Цы хъуамæ æрзайа ахæм хурджын аз, æнусты дæргъы доны хъæстæ чи нæ фæцис, уыцы Зилгæдоны тъæпæны. — Обауы сæрæй æрхызт Арысхан, сбадти бидаркæйы æмæ йæ фæндаг сарæзта Зилгæдоны тъæ- пæнмæ. 7 Фæссихорты Хæсанæ уыдис фæскомдæдисы райкомы секретарь Исламы кабинеты. йæ зæрдæ дардта, хабар ын куы ракæна, уæд ын кæй баххуыс кæндзæн. Фæлæ йæ уым нæ баййæфта; колхозты уыдысты йæ инструк- тортæ дæр. Уæдæ цы бачындæуа, зæгъгæ, ахъуыды код- та æмæ айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ Уарийы каби- неты смидæг. Уарийы баййæфта йæхимæ, цавæрдæр гæххæт фысгæ. Гъæ-æ, Хæсанæ, чысыл бахатыр кæн, зæгъгæ, загъта Уари. Хæсанæйæн. Куы фæци фыст, уæд æй бакаст, фæдзырдта машинисткæмæ, радта йæм гæх- хæтт æмæ йын бафæдзæхста: — Афоныл-иу æй радт газеты редактормæ. Исчи мæ куы агура, уæд ын-иу зæгъ: ацыд Зилгæдоны тъæ- пæнмæ. -— Æз ныртæккæ уырдыгæй ссыдтæн, — Хæсанæ ауæзты хабар бæлвырдæй радзырдта Уарийæн. Уари, ахъуыды кодта. Йæ зæрдæ фехсайдта, мыййаг, къана- уыл куы фæуой æмæ куы ныкъуылымпы уой се ’ннæ 200
куььстытæ дæр. йæпæстытыл ауадысты, Радиты Дудар, -Кæрæфбег æмæАрысхан уыцы зæхх бакæныны ныхмæ уалдзæджы «уыд фидарæй лæууыдысты, уый. — Хорз, цом æмæ йæ бынаты фенæм. Чысыл фæстæдæр Хæсанæ бадт Уарийы фарсмæ æмæ сæ рог машинæ скъæфта Зилгæдоны тъæпæнмæ. Ауæзты цур -баййæфтой Мысосты. Æрзылдысты ауæзтыл. Уари æггпæт дæр сбарста æмæ загъта: — Мæнмæ гæсгæ, ам ауæзт афтæ зын саразæн нæу. Райдайут æй къахын, æххуыс дæр уын уыдзæн. Хæсанæ куы фехъуыста Уарийы фæндон,. уæд хæр- зæггурæггаджы уад фæкодта Ахбердмæ. — Æгæр кæй байрæджы кодтам дон рауадзынмæ, уып аххосæн уадз æмæ ацы аз фæдзæгъæл уæд нæ фы- дæбон Зилгадоны тъæппæны, — хъуыды кодта фæнда- гыл цæугæйæ, Хæсанæ, — фæлæ фидæнмæ уыцы тъæ- пæн иууылдæр" афæлдахдзыстæм æмæ цæргæ-цæрæн- бонты нæ фыдæлтæ сæ былы цъæрттæ цы зæхмæ хорд- той, быдырты хæзна кæй хуыдтой уый суыдзæн нæ кол- хозы зæххыты астæумагъз. Хæсанæ куы загъта Ахбердæн Уарийы фæндон, уæд ыл, цыма, хур æрбакаст, афтæ фæрухс зæронд лæджы цæсгом. Чысыл фæстæдæр хъæугæ кусæнгæрзтимæ тагъд кодтой ауæзты ’рдæм зæрæдты- звено æмæ фæ- ’сивæды къорд. ’ . 3 Дыккаг бон Хæсанæ æмæ Мысост. æнхъæл цас нæ уыдысты, уыйбæрц адæм фæзындис Зилгæдоны тъæ- пæнмæ къанау аразынмæ. Бирæ дзы уыд окъоладзаутæ дæр. Адæмы иу хай къахта зæхх, иннæтæ ластой пыхс, æртыккæгтæ хастой дур. Афтæ райдыдтой ауæзтаразын. Цалдæр боны фæстæ фидар æрæхгæдтоп Терчы зæ- роид фæндаг æмæ йыи йæ ,иу къабаз фездæхтой ног фæндагыл. Ахберд æрбадти ног къанауы былыл æмæ æдзынæг касти, дон йæхидæн фæндаг :куыд гæрды, ног къахт сыджыты муртæ йæ разæй куыд ссæнды, уымæ. Къанау аразыныл æпувыдæй чи бакуыста, уыцы колхо- зонтæм бузныджы цæстæй касти, стæй йæ дзабыртæ 201
феппæрста, къанаумæ ныххызт, æмæ йæхицæн фæндаг агургæ размæ цы дон бырста Зилгæдоны тъæпæны ’рдæм, уый разæй цыд, цыма йын фæндаг амыдта, уыйау. Ахберды (фæстæ къаиауы дыууæрдæм, тъыбар-тъы- бургæнгæ, згъордтой ногдзаутæ. Доны фæндаг кæм æрæхгæдтой, уым дзæвгар фæ- арфдæр æмæ хъæубæсты фæсивæд сæ найæндон раизтой уырдæм. Арæх ауæзты цур бадтысты ногдзаутæ дæр. Ауæзты бакомкоммæ доны хъæбысы уыдис чысыл са- къадахгонд. Ноджы сакъадахгонды зæххы гæбаз уы- дис змисджын. Фæсивæд-иу сæхи куы иыннадтой ауæз- ты, уæд-иу змисыл сæхи аскъæрдтой æмæ тыхджын хурмæ сыгътой сæ буар. Иу бон та лæппутæ сæхи куыд надтой, афтæ арв æвиппайды æрбахъулæттæ. Ныннæ- рыд, ныртхъирæн кодта фат æмæ æрдынæй. Фæзынд тæрккъæвда; арв æмæ зæхх 1кæрæдзи хостой. Лæппу- тæй бирæтæ, сæ дзаумæттæ сæ къухы, афтæмæй доны иннæ фарсмæ баленк кодтой. Са^къадахгондæй нæ ра- цыдысты фыдуаг Гдо æмæ Æнхъæл. Дон куыд стыр- дæр кодта, афтæ тынгдæр цин кодта Гдо, зæгъгæ, стыр доны аленк кæндзынæн. Уый, чысыл сакъадахæй доны иннæ фарсмæ чи рахызт-, йæ уыцы æмбæлтты мæстæй мардта, худти сыл, рахуыдта сæ тæплуд тæрхъустæ, æнæныфс. Æмæ фадхъултæм змисы тыхджын уарынмæ æрра гæппытæ кодта. Фæлæ бирæ нæ ахаста Гдойы хъæлдзæг зæрдæпьг уаг. Донивылд тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Æмæ- кæд чысыл раздæр ауæзты æм’бисмæйы йедтæмæ нæ уыдис, уæд ныр йæ сæрты акалд. Ивылд дон зыдæГг ныхъуырдта сакъадахы зæххы. Дыууæ лæппуйы алы- варс зæхх чысылæй-чысылдæр кодта. Раст уыцы рæстæ- джы ауæзты цурмæ æрбацыдысты хъæубæстæ фæдис. Уыдон тагъд кодтой <сæ ауæзтмæ. Тарстысты йын дон аласынæй. Фæлæ стыр ивылд доны астæу чысыл зæх- хы гæбазыл дыууæ лæшгуйы куы ауыдтой, уæд хорзау нал фесты. Лæппутæ уыдысты тынг тæссаг уавæры. Хорз нæ уыд ауæзтьгхъуыддаг дæр. Æмæ йæм кæд Си- рæтæ зæрдæрыстæй кастысты, мæсты кодтой ивылх донмæ, сæ фыдæбон сын кæй сафынвæпд кæны, уый 202
тыххæй, уæддæр ацы тыхст сахат æппæт адæмы -цæс- тæнгас æмæ хъуыдытæ дæр баст уыдысты, лæппутьг- цы амалæй фервæзын кæной, уыимæ. Адæмæй бирæтæ сагъдауæй лæууыдысты доны был æмæ сæ цæстæнгас ныццавтой дыууæ лæппумæ æмæ сын сæ алыварс зæхх ивылд дон куыд ныхъхъуыры, уьтæ. Иукъорд адæймаджы, уыдонимæ та Ахберд даар кæд ауæзтыл стыр дуртæ калдтой, уæддæр сæ цæсг нæ истой, лæппутæ цы зæххы гæбазыл лæууыдысты, уый нарæгæй-нарæгдæр куыд кодта, уымæй. Æмæ уьь цы зæххы гæбаз цас нарæгдæр кодта, уыйбæрц з:\æлт> тасдзинад та тынгдæр рæзти. Ахберд йепырæй тых- джындæр ни-куы бабæллыд йæ лæппуйы бонтæм. йæ алыварс цы фæсивæд уыдис, уыдонмæ та куыдд^Р йæ- хинымæр мæсты кодта. «Сæ иумæ сæ цæуылчæ ис уый- бæрц æхсар æмæ ивылд доны цæуылнæ баленк кæны, цæмæннæ фервæзын кæны лæппуты». Фæлæ сæм иннæ- мггй та мæсты гæнæн дæр пæ уыдис. Доп уыд гьшг ивылд, стыр дуртæ кæрæдзиуыл хонгæ, гыбар-гыбур- гæч:а, цыд бæзджынæй, йемæ хаста цавæрдæр хъæд- æрмæг, æвæццæгæн, искуы 1комрæбын хæдзæрттæ, йе к\ы,гаГгтæ æмæ хидтæ раласта. Бындзаряй цы стыр бæлæстæ стыдта, уыдон дæр бум-булийы рогæн скъæф- та. Ахберд йæ бирæ царды дæргъы нæ хъуыды кæны ахæм донивылд. Раст сæм уыцы рæстæджы фæзындыс- ты районы фæдисæттæ. Цæвиттон, Уаримæ абон хъуамæ уыдаид районы раззат адæмтæн æмбырд. Фæлæ иугæр арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хостой, уæд сæ биравтæ загътой, зæгъгæ, ныртæккæ æмбырды рæстæг нæу, фæлæ фыд сахат æмæ нæ алчи дæр хъуамæ уа йæ «олхозы. Дудары кæд фæн- дыдис æм^бырд саразын, уæддæр Уаримæ дæр раст фæкастис сæрдарты фæндон, уæлдайдæр та донмæ æв- вахс цы колхозты дыргъдæттæ уыдис, уыдон сæрдæрт- тæ сындзытыл бадæгау куы кодтой, уыдонимæ та, Арысхан дæр, уæд æмбырд аргъæвтой æндæр хатмæ. Районы разамынды кусджытæ дæр тагьд кодтой колхоз- ■зы сæрдартимæ хицæн æмæ хицæк колхозтæм. Уари, Мысост, Хæсанæ, Арысхан ■ æмæ Цæргæ’с тагъд кодтой Фарныхъæумæ. Хъæубæсты адæмы æрий- 203^
йæфтой, «Уæлахизы» колхозон донгæрон цы стыр дыргъдон уыдис, уый цур ауæзт фидаргæнгæ. Æххуыс- мæ сæм фæзындысты «Размæ»-йы адæм дæр. Дыргъдо- ны донгæрæттæ уæвгæ къорд азы дæргъы фидар æх- гæд æрцыдысты бетоиæй. Стæй канд дыргъдоны тых- хæй нæ, фæлæ æгас районы «Уæлахи.з»-æй стырдæр куырой никæмæп уыдис. Æмæ уый дæр дыргъдоны уæллаг кæрон уыдис æмæ йын цæмæй донивылдæй ма- ды тас уыдаид, уый тыххæй. Фæлæ дыргъдондо дæллаг кæрæтты та цалдæр ран ауæзтытæ арæзт æрцыд пыхс æмæ дурæй. Гъемæ дзы иу ахæм ауæзты фехæлдта дон æмæ, фантанау, цæвæгау кодта дыргъдоны ’рдæм. Тæс- саг уыдис дыргъбæлæстæ бахъыгдарынæй. Райдианы дзы бирæтæ ’нхъæл нæ уыдысты, дон сын сæ фидæрт- тæ бахъыгдардзæн, уый. Уымæ гæсгæ дзы чидæртæ æвнæлдтой онгмардæй/ Фæлæ. сын сæ цæсты раз сæ пыхс æмæ дурæй æхгæд ауæзт куы фехæлдта æмæ дон фантанау, куы цавта дыргъдонырдæм, уæд Уапе ныхъ- хъæр кодта: — Фæдис, нæ фæллой сæфы! Æмæ адæмæй бирæтæ æнгом кæрæдзийыл * æрхæц- гæйæ, риуы гуыдырæй æрæхгæдтой доны пæвæн, иннæ- тæ та уыцы рæстæджы фидар кодтой ауæзт. Ивылд уазал доны чи лæууыд, уыдоны-иу рæстæгæй-рæстæгмæ раивтой, сурзæххыл чи куыста, уыдон. Раст сæ афтæ- мæй æриййæфтой Уариитæ. Уайтагъддæр Хæсанæ æмæ Цæргæс, доны чи лæууыд, уыдон æмрæпхъ æрлæууы- дысты. Ам нæ зындысты æрмæстдæр хъæубæсты зæ- рæдтæ æмæ фæсивæдæй иу къорд. — Кæм сты фæсивæд та? — Арысхан куы афарста Кæрæфбеджы, уæд ын уый, Уари æмæ Мысостмæ ба- кæсгæйæ, рæхуыст дзуапп радта: — Кæм хъуамæ уой! Ахберд донивылды ха^бар куы фехъуыста, уæд рынчынæй фæгæпп кодта æмæ сæ афæдис кодта Зилгæдоны тъæпæны ауæзтмæ. Ноджы,, дам, ауæзты цур цы сакъадахгопд ис, уым -цæйдæр къулбадджытæ баззадис æмæ допы раленк кæнын нал уæндынц. ■— Арысхан, ам сымах дæр æгъгъæд стут, адæм дзы чыСыл нæй, фæлæ мах Зилгæдоны хъæпæнмæ згъо- 204
рæм, — загъта Мысост æмæ, тызмæг цæстæй Кæрæф- бегмæ бакæсгæйæ, йæ ныхасмæ афтыдта, — уыцы къулбадджытæм. Хæсанæ, сывæллæттæ Зилгæдоны тъæпæны ауæзты сæфынц æмæ сæ фервæзып хъæуы. Уым уал мæнæ Кæрæфбег дæр æрлæудзæн. Хæсанæ æмæ Цæргæсы бынаты астæумæ доны слæууыд Кæрæфбег æмæ æнæуынои цæстæнгасæй ра- каст Мысостмæ. Уариитæ афæдис кодтой Зилгæдоны тъæпæны ауæ- зтмæ. Ауæзты |цур сæ цæсты раз сæвзæрд ахæм ныв: ауæзтæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал зындис. Æрмæст дон фыцæгау кæм кæны, уым, æвæццæгæн, ауæзгы сæр, ’фæкъæдзгæнæнтæм ивылд доны лæууыд Ахберд иу къо^д адæймагимæ æмæ сæм иннæтæ та стыр дуртæ хæссынц. Калынц сæ ауæзтыл. Сæ фарсмæ иу сылгой- магыл хæцынц цалдæрæй. Йæ сæры хъуынтæ пыхцыл, йæ риуы гуыдыр гом, йæ кофтæ скъуыдтæ, пæ цæсгом тугæйдзæгтæ, афтæмæй ивылд донмæ йæхи æппары, фæлæ йæ нæ уадзынц. Ауæзты а,комкоммæ, чысыл са~ къадахгонды дыууæ лæппуйы къæхты бынмæ зæхх гал- дзармæй чысыл фылдæрæй зыны. Цæргæситы куы ауыдта сылгоймаг, уæд ноджы тынгдæр ’фæлæбурдта йæхи тонынмæ æмæ райхъуыгт йæ зæрдæхалæн фæсус хъæлæс: — Мæ бон бакалдис, Цæргæс, хæдзархæлд кæиынЦ ■— Гъæйтт, куыд дын амардтæн, гъе, мæ хойы гæбаз, иу чысыл дæхиуыл фæхæц! — æмæ Хæсанæимæ сæ дарæс калынмæ фесты. Тæссаг у ахæм ивылд доны баленк кæнын. Фæлæ сын «о» дæр ничи загъта æмæ «нæ» дæр. Уымæн æмæ се ’ппæт дæр зыдтой, дыууæ лæппуйы цард кæй хæцы. æрдуйыл æмæ сæ ныртæккæ куынæ фервæзын кæнои, уæд сæ ивылд дон кæй аныхъхъуырдзæн. Ауæзты дæл- лаг кæрон тынг ныггыбар-гы-бур кодта. йæ сæрыл цы лæг лæууыд, уый, зæгъгæ, йе ’мбæлттæ нæ ацахстой,, уæд доны стæлфыдаид. Чысыл фæстæдæр ауæзты пых-. сытæ доны сæрмæ скалдысты. Бæрæг уыд ауæзтæй доп кæй арæдыв^а ахъаззаг комдзаг. Ауæзты сæрмæ дуртæ чи лæвæрдта, уыдонæн • фæ- 205.
зыни... Ауæзты фæстæты дон стырæй-стырдæр кодта æмæ ныр сæ ронбастæй фæуæлдæр, дуртæ хæссын сыи фа^зын. — Ауæзты сæр цы адæм ис, уыдон дæр тæссаг уа- вæры сты, уымæй Ахберд рынчын у, — бамбарын код- та Мысост Уарийæн. Уари нырма ныр фæкомкоммæ Ахбердитæм. Уый лæппуты куы ауыдта чысыл сакъадахгонды, уæд хъуы- дыты ацыд^ куыдæй сæ фервæзынчындæуа, зæгъгæ. Тынг батæригъæд кодта Ахбердæн, рынчын зæронд лаг кæй ферох кодта йæ низ дæр, кæй бацыд æрдзон тых- ты ныхмæ тохы ауæзт фервæзын кæныны сæраппонд. Уымæн æмæ зоны, ауæзтимæ баст кæй у, Ахберд афтæ фидарæй цы зæхх кæнын кодта, уыцы Зилгæдоны тъæ- пæны хъысмæт. Уари бацыд Ахберды комкоммæ æмæ йæм сабыргай -бадзырдта: — Ахберд, рахизут, дзæгъæлы ма фыдæбон кæнут. Ахæм тыхдж-ын дон ауæзты сæр дуртæ нæ фæуадз- дзæн. Ахберд ауæзты сæрæй <æнтъыснæг цæстытæй ракаст Уаримæ, фæлæ дзургæ ницы скодта. Хæсанæ æмæ Цæргæс оæ дарæс куы акалдтой, уæд айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ ауæзты уæллаг кæро- нæй уыцы иу згъордæй доны гуылфæны стæлфыдысты. Ивылд дон сæ ауæзты фæрсты æрыокъæфта. Зын уы- дис фыд змæст æмæ уазал доны ленккæнын. УымæГг хи хизын хъуыдис стыр дуртыл сæхи цæмæй ма ныц- цавтаиккой, уый тыххæй. Арæх-иу окæс-скæс кодточ уæлæрдæм дæр, тæосаг уыдис, æнæнхъæлæджы бæ- лас, гъе хъæдæрмæджы цæфæй. Уæвгæ-иу ахæм хабар исты, уæд-иу доны был цы адæм лæууыдис, уыдон фæ- дисы хъæр систой, фæлæ сæм дурты тыхджын гыбар- гыбурæй ницы хъуыстис. Æппынфæстаг куы ахызтыс- ты сурзæххы гæбазмæ, у.æд адæм риуы дзаг сулæфы- дысты. Æнхъæл ныттыхсти Цæргæсы къубалыл. Æмæ Æнхъæл уæвгæ райдианы, цалынмæ дон афтьр. тыхджын ивылд нæ уыд, уæдмæ иу цалдæр хатты хъа- выд раленк ’кæнынмæ, фæлæ-иу æй Гдо нæ бауагъта "206
нырма раджы у, зæгъгæ. Сæ дыууæ дæр æвзæр нæ ленк кодтой, иу æмæ дыууæ хатты нæ фæбыцæу сты мыййаг, фæлæ сæ чи хуыздæр ленк кодта, уый зын зæ- .гъæн уыдис. Терчы кæм нæ баленк кодтаиккой, иу ♦ахæм бынат дæр сын нæ уыдис. Суанг ма-иу стыр хиды бынмæ, дон æртæ—цьгппар метры æр- фæн кæм уыдис, уырдæм хидæй æзлæгдæронæй гæпп кодтой сæрбынмæйæ сæ дыууæ дæр. Тæккæ рæхснæг- дæр бæласы дъупмæ сбырыдаиккой. Æппынфæстаг Гдойæн фадат фæцис Æнхъæлы хъару бавзарынæн. Цæмæн дæр æмч афтæ кастис, цыма Æнхъæл йæхи куыд æвдисы, уыйбæрц æхсарджын нæу æмæ йъ ацы тæрккъæвдайы рæстæджы барæй ныкъкъуылымпы код- та чысыл сакъадахгонды. Райдианы йын Æнхъæл куы дзырдта, мæ мады зæр- ,дæ мæм æхсайдзæн, зæгъгæ, уæд ыл Гдо былысчъилтй бахудт, фæтарстæ донивылдæй æмæ кæуылты агæпп кæнай иннæ фарсмæ, уымæн ницыуал зоныс. Уæдæ ип- нæ бонты цæуылнæ фæтагъд кæныс? Æнхъæлæн хъыг уыдысты Гдойы æнæууылд ныхæс- тæ, кæй йыл дызæрдыг кæны, уый тыххæй, фæлæ йын бауайдзæфы бæсты загъта: — Æмæ иннæ бонты ахæм уарын кæм федтап. Арв ныггыбар-гыбур кодта æмæ сау мигъты ’хсæн- ты цæхæртæ калгæ атахт йæ /къæдз-мæдзытæ фат. Дон- •ивылд фæтынгдæр. Ауæзтыл уæлæмæ-уæлæмæ цыд. Æвиппайды хохы ’рдыгæй райхъуыст цавæрдæр гыбар- гыбур. Æвæццæгæн, дурты зæй æрцыд. Доны былмæ цы лæппутæ а^ызт, уыдон цымыдисæй æнхъæлмæ кас- тысты, уæдæ быцæу цæуыл фæуыдзæн, зæгъгæ: Фæлæ иугæр ивылд дон ауæзты сæрмæ куы схæццæ, уæд ма Гдо бæргæ фæгæппкодта æмæ доны былмæ базгъордта, фæлæ дзы аленк кæнын нал бауæндыдис. Уæдмæ йæ дурмæ æрбадыд Æнхъæл дæр. — Цæй, куыд; ноджыдæр ма æнхъæлмæ кæсæм? —■ бафарста Æнхъæл. — Æз ам нал аленк кæндзынæн, — йæ хуыз фæ- лыгъд, афтæмæй дзуапп радта Гдо. — Уæдæ æз ленк кæнын иннæ фарсмæ. 207
— Цытæ дзурыс? — йæ цонгæй йæ ацахста Гдо. —• Æз та иунæгæй цы фæуыдзынæн? — Æмæ дын æз ам хъахъхъæнæг дæн! — уæвгæ Æнхъæлæн æхсызгон уыдис, Гдойыл кæй фæуæлахиз, уый. Фæлæ Гдойы мæстæй марыныл не схæцыдис. Дон æм.æгæр ивылд æмæ тæссаг фæкастис, уæлдайдæр та кæм лæууыдысты, уырдæм дон куы ’рбакалд, уæд*- Æмæ чысыл сакъадахгонды астæумæ бацыдысты. Æн- хъæлмæ кастысты, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Саисьа- дахгонды зæхх цас чысылæй-чысылдæр кодта, уыйбæрц фæлурсæГьфæлурсдæр кодта Гдойы цæсгом. Æнхъæл та йæ дзаумæттæ æнгом стыхта æмæ сæ йæ сæрмæ ба- баста, бахъуыдыйы сахат, ома сын сæ бынмæ зæххы дои куы хæра, уæд цæттæ куыд уа, аленк кæпынмæ. Раст уыцы афон фæзынд хъæубæсты фæдисимæ йæ мад. йæ лæппуйы ахæм тæссаг уавæры куы федта, уæд йæхимæ лæбурыныл фæцис. Донмæ йæхи æппæрс- та, фæлæ йыл ныххæцыдысты. Æнхъæл уый уынгæйæ, цалдæр хатты йæхи ратыдта Гдойы къухтæн, фæлæ та- иу æй уый фæстæмæ ацахста, ныцъцъецъелæг ыл ис æмæ-иу æй донбылæй аласта. Æнхъæл райдианы, йæ мадæн тæригъæд кæнгæйæ, кæд цалдæр хатты хъавыд раленк кæнынмæ, уæддæр æм раст нæ кастис тæссаг сахат йе ’мбалы иунæгæй кæй уадзы, уын. Æмæ уый фæстæ йæхи нал тыдта Гдопы къухтæй, фæлæ йæ цуры сабыр слæууыдис æмæ йын ныфсытæ æвæрдта. Донбыл .фæзындис машинаё. Машинæйæ цы адæм рахызт, уыдон æхсæн Æнхъæл базыдта, Хæсанæ æмæ пæ мады ’фсымæр Цæргæсы. Цæргæс къухæвзыстæй бартхъирæн кодта лæппутæм. Уыдон Хæсанæ æмæ Цæргæсы сæ дзаумæттæ ласгæ куы федтой, уæд Æн- хъæл Гдомæ йæ мидбылхудгæ бакаст, фæлæ уымæн йæ тарст цæсгомы хуыз нæ ивта. Сæ къæхты бын ма баззад галдзармыйас зæхх æмæ тарсти, уыдон æрба- хæццæйы размæ сæ ивылд дон куы аныхъхъуыра. Фæлæ иугæр Хæсанæ æмæ Цæргæс куы ’рбаленк кодтой сæ цурмæ, уæд йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп фæ- сабырдæр. 208
Цæргæс æмæ Хæсанæ Æнхъæл æмæ Гдойыл хæцгæ- йæ, райдыдтой фæстæмæ ленк кæнын. Зын у ахæм доны иунæгæй ленк кæнын. Ноджы зындæр та у, исчи ма дæ бæрны куы уа, уæд. Иу цалдæр хатты ивылд доны чъизи улæн цæргæсыл иæхи ныццавта æмæ дон йæ сæрты акалд. Æнхъæлы дзыхы дон ба- калд æмæ фæхуыдуг. Йæхи атонынмæ хъавыд Цæргæ- сы домбай къухтæй, фæлæ йыл уый фидар хæцыд. — Суадз-мæ, æз донæй нæ тæрсьш, — лæхстæ код- та Æнхъæл Цæргæсæн, фæлæ йæ уый уæддæр нæ уагъ- та. Дон сæ куыд дæлæмæ хаста, афтæ доны был чи лæу- уыд, уыдонæй бирæтæ дæлæмæ-дæлæмæ згъордтой, ома •бахъуаджы сахат цæттæ куыд уæм баххуысмæ. Ивылд доны астæуæй куы ф_æацырдæм сты, уæд Цæргæс феуæгъд кодта Æнхъæлы. — Ленк кæп ныр, тæрсгæ мауал кæн. Гдо та ноджы фидардæр ныххæцыд Хæсанæйыл, ниййаг мæ уый дæр куы феуæгъд кæна, зæгъгæ. Доны былмæ æппæты разæй рагæпп кодта Æнхъæл, уый фæстæ Цæргæс, стæй та Хæсанæ Гдоимæ. Æнхъæл ныхъхъæбыс кодта йæ мады. Адæм риуыдзаг сулæфыдысты. Æмæ сын кæд чысыл раздæр сæ ауæзты хайгай скъæфта ивылд дон, уæддæр сæм цыма уыцы маст уыйбæрц нал хъардта, афтæ уыд. Сакъадахгонды чысыл зæххы гæбазы аныхъуырдта нвылд дон. . Дыикаг къуыри ныккаст зынг хуры цæст дунемæ æмæ та дбны къусы сæфт кодта Зилгæдоны тъæпæны нарт- хс^р. А X Б Е Р Д ! Иу бон та Кæрæфбег æмæ Шæлæт цыдысты Зилгæ- доны тъæпæны зæххыл. Хъандзалæй лæууыдысты йæ нартхоры хæтæлтæ. Сæ фарсмæ, фæззыгон æнтъыснæг бонау, Терчы былы ’рдæм касти Ахберд. — Гъе, уый нартхор у, гъе, йæ мад амæла! Мæнæу нмæ куыд ацæттæ, — загъта Кæрæфбег Ахберды ауын- 14* 209
гæйа:. — Æппынкъаддæр гектарæй сисдзыстæм сæдæ дыууын центнеры. — Уый гуырысхойаг нæу! — Кæрæфбеджы æлхыскъ «ныхас бамбæрста Шæлæт. — Знон мемæ ныхас кодта Ахберд йæхæдæг. Иугæр^ дам, мах зæххыл æрзади тæнкæ хуыздæр нартхор, уæд, дам, хъуамæ паддзахады хæс бафидæм уымæй. Уæд, дам,* хæстæ фæуон, кæд нæ колхоз районы иннæ колхоз- ты разæ,й нæ райса паддзахадмæ хордæттыны фыццаг квитанцæ, — ноджы фæкарздæр кодта йæ ныхас Кæ- рæфбег. — Уæдæ, куыд æнхъæлыс, Шæлæт, диссаджы зæронд лæг! Цас пайда æрхаста колхозæн. Уый нæ уыд, уæд нæ æцæгæйдæр, чи зоны, .цас фæмæстæй мардтаид Зилгæдоны тъæпæн. Стæй йæм, чи зоны, дон уагъд дæр не ’рцыдаид. Æз та рагуалдзæг йемæ быцæу кодтон, зæгъын, дзæгъæлы фыдæбон у. Нæ фындзы бынæй дард- дæр ницй уынæм, ницы. Ныр ьгл, зæгъгæ, сæмбæлдтæн^ уæд дзы хатыр ракурин ме ’нæрхъуыды ныхæсты тыххæй. — Æмæ æмбæдгæ дæр кæны, Кæрæфбег. - Ай-ай, æмбæлы. Ныр фидæнмæ Зилгæдоны тъæ- пæнæн цы митæ кæндзыстæм, уый цæстытыл уайы. Кæрæфбег æмæ Шæлæты мæстæй марæн ныхæстæм хъусын нал фæрæзта Ахберд æмæ, мæстыту зæхмæ акæн- гæйæ, йе ’звеиойы халагъуды размæ цæджындзтæй иуыл банцой кодта. Иæ цæст та ахаста, зæрдæнизау ын чи сси, уыцы Зилгæдоны тъæпæныл- Бабын ис нартхор. Æрмæст ма сæрыстырæй кастысты, донæй кæй æфсæстой, уыцы диссаджы хъалзæнг æмæ фæтæнсыф нартхæрттæ. Ал- кæуыл дæр сæ æрзæбул æртæ, цыппар, æмæ суанг фæн- дзгай æфсиртæ. — Сымах куырм стут, куырм, дæлæ уыцы нартхæрт- ты ставд æфсирты чи нæ уыны. Уыдон Зилгæдоны тъæ- пæны фидæны æвдисæндартæ сты! — сæрыстырæй за^ъ- та Ахберд æмæ бацыдис халагъудмæ, сынтæгыл бахауд- та. Иæ цæстытыл уадысты йæсабийы бонтæй нырмæ йæ даргъ царды нывтæ. Уæвгæ йæ царды даргъ фаендаг та уыд афтæ: Комы рахиз фарс къуыппыл дардмæ зынд иунæг хæ- дзар. Ам ’цардис Куырдтаты Тæтæрхъан йæ иунæг чызг Аминæтимæ. Иæ ус Сæлийы амæлæты фæстæ дыккаг 210
амонд нал бацагуырдта Тæтæрхъан, мыййаг мын мæ си- дзæр чызджы 'Куы нæ бауарза, куы йæ æфхæра, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Аминæтыл цыд уæд æрмæстдæр æртæ азы. Уæдæй фæстæмæ’ фынддæс азы дæргъы мады рæвдыд дæр æмæ фыды рæвдыд дæр уыны Тæтæрхъанæй. Чысыл ма куы уыд, уæд æй Тæтæрхъан æдзух дæр йемæ хуыдта, мыййаг иунæгæй куы кæуа, уæд тæригъæд у, зæгъгæ. Ныр йæ кармæ куы ахæццæ, уæд ноджы тынгдæр тæр- сын райдыдта фыд йæ чызгæн. — Куыд æй хъуамæ ныууадзон иуиæгæй. Адæм æм- хуызон æфсæрмджын не сты. Ис дзы хæлд æгъдауимæ дæр, йæ цæсгом чи бахордта, ахæмтæ. Нæхимæ куы нæ уон, афтæмæй нæм иу ахæм исчи куы фæзына, куы мын фæхудинаг кæна мæ иунæг чызджы, уæд ма мæ цард та цы уыдзæни, уый руаджы ма куы цæуын мæ къæхтыл. Аминæтыл стдæс азы куы рацыд, уæд хæдзары цы куыстмæ нæ арæхст, ахæм ын нал уыд. Йæ судзины сынк дардта уæлдай бæрæгдæр. Нал цух кодта Тæтæр- хъаны хæдзар усгуртæй. Æмæ куыд нæ! Кæд æмæ Аминæт йе ’гъдау, йæ сæ- рæндзинадæй рагæй æркæсын кодта йæхимæ комбæсты разагъды фæсивæды. Уæды рæстæджы ма усгурæн йæ сæрæндзинады разæй кастысты йæ хъæздыгдзинадмæ. Фæлæ Аминæты фыдТæтæрхъан кæд мæгуыр цард кодта, уæддæр ахæм цæстæй нæ касти цардмæ. Уый адæймагæи аргъ кодта, цас лæгдзинад æм ис, цас зæрдæхæлар æмæ адæмы уарзон у, уымæ гæсгæ. Ахæч аргъ кодта адæйма- гæн Аминæт йæхæдæг дæр. Рæсугъд уыд, тынг рæсугъд Аминæт. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кастысты... Чи йæ федта æмæ йæм чи иæ батæху- ды кодта, æвæццæгæн, усгурты æхсæн иу ахæм дæр нæ уыд. Иуты фæдыл цыдысты иннæтæ дæр. Бирæты ми- нæвæрттæ-иу уæларвмæ систой усгурты фырæппæлдæй. Загътой-иу: «Ахæм кадджын гуырд ацы зæххыл амæли- нæгты æхсæн нæма равзæрд; уæдæ йæ ис, йæ бонæн та кæрон дæр нæй. Йæ хъæздыгдзинады фæрцы йæ бон у хæхгæ, къæдзæхтæ афæлдахын, æнæдон ранæй дон ра- уадзын» — æмæ-иу æрхатыдысты Аминæты фыд Тæтæр- хъанмæ: «Дæ чызгæй амондджындæр а-дунейыл нæ уы- 21!
дзæн. Цæудзæн сыгъдæг дариты, цæрдзæн ’айчы бур æмæ маргъы ’хсырæй. Радт æй нæ усгурæн». Фæлæ зондджын лæг уыд Тæтæрхъан æмæ йæ ахæм рæсугъд ныхæстæй ничи асайдтаид. Фыццаг бацыдæй минæвæрттæй дзуапп никуы никæмæн радта.ч Дыккаг бацыдмæ та-иу бæлвырдæй базыдта, минæвæрттæ кæй цæра кодтэй, уыцы усгуры æцæг цæсгом æмæ сæрæн- дзииад. Фынджы фарсмæ минасгæнгæйæ-иу фарста фарстайы фæстæ лæвæрдта, бирæгъы зæрдæимæ фысы цармы чи бацыд, уыцы минæвæрттæм. Æмæ-иу сæ ал-' кæмæндæр æргом дзырдта: Чызг нæразы кæны, зæгъгæ, æмæ-иу ахæм дзуаппимæ æрвыстой минæвæртты. Би- рæ усгурты та дзы æнæфæрсгæйæ дæр хорз зыдта æмæ, куыд фæзæгъынц: «Хорзæн бын ма скæн, æвзæрæп бын ма ныууадз», уыди дзы ахæмтæ дæр. Усгуртæ сæхæдæг æнæсæрæн уыдысты, фæлæ сын бирæ бынтæ баззад сæ фыдæлтæй æмæ уый фæрцы сæрбæрзондæй цыдысты. Ахæм усгурты тыххæй ныхас цыд къаддæр, мæ чызг нæ- ма мой кæны, зæгъгæ-иу, Тæтæрхъан ахæм дзуаппимæ æрвыста йæ уазджыты. Иубон Дæллагхъæуы æмæ Комрæбынхъæуы цæр- джытыл айхъуыст æнæбауырнинаг диссаджы хабар, Тæ- тæрхъаи, дам, йæ иунæг чызджы радта Къуыплы хъæ- уы цæрæг Петкæйы фырт Мысостæн. Бирæты уыпы хъуыддаг нæ бауырныдта. Хъæздгуыты ис-бонимæ-иу абарстой мæгуыр Петкæйы бынтæ дæр æмæ фурды тъепа, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ Петкæйы хæ- дзары чысыл муртæ хъæздгуыты бынтæн сæ рыджы да;р иæ зындысты. Дис кодтой адæм, цæмæн скодта Тæтæр- хъан пæ иунæг чызгæн саузæрдæ лæджы тæрхон, цæмæн æй фенамонд кодта, зæгъгæ. Цымыдис адæмы тыиг зæрдиагæй фæндыдис хъуыддаг бæлвырдæй базонын, ’фæлæ сæ къухы ни’цы ’фтыд. Бирæтæ та хъуыды кодтой йæ иунæг чызгæн саузæрдæ лæджы тæрхон дзæгъæлы не окодтаид Тæтæрхъан, фæлæ дзы, æвæццæгæн, исты ис æмæ рахъавыдысты Аминæтыл хахуыр ныхæстæ ра- кæнын, дам-дум хъæубæстыл ахæлиу кæнын. Фæлæ уæд- мæ фæраздæр иннæ хабар, ома, кæд Петкæйы фырт Мы- сост у мæгуыр, уæддæр лæгдзинадæй у æххæст æма* Аминæг уыимæ уыдзæн уæлдай амондджындæр. 212
Æцæгæй дæр Петкæйы фырт Мысост кæд мæгуыр цард кодта, уæддæр -конд, уынд æмæ лæгдзинадæй уыд æххæст адæймаг. Йæ карæнмæ куы ахæццæ, уæд æмби- сондæн баззад йе ’гъдау, йæ арæхстдзинадæй. Чысылæп- стырæй, чи йæ зыдта æмæ чи нæ ракодтаид йæ кой, а«- æм бирæ нæ уыд. Уæлдайдæр та кæддæр Хетæджы ботт куы фесгуыхт, уæдæй фæстæмæ. Иу ахæм бæрæгбоны Хетæджы >къохмæ ацыдысты* иры хъæутæй -дуне дзыллæтæ. Ирон фæсивæд адæмы раз æвдыстой сæ арæхстдзинад. Уыцы бæрæгбоны уыдис Петкæйы фырт Мыосг дæр. А-дунейыл сæ хæдзары хорздзинадæй ницы зыдта йæ фыды бæхæй дарддæр. Æмæ бæх та хуымæтæджы бæх уыд. Петкæ нуанон лæг уыд æмæ кæддæр сæрджын саг амардта. Са>г та ахæм са’г уыд æмæ йæм адæм дис- сагæн уынынмæ цыдысты. йæ чысыл сæрыл бæрзонд фæцыдысты къæдз-мæдзытæ, бирæ къабузтимæ ставд сыкъатæ. Сæ хъæуккаг Борæты хъæздыг Аксо сæ куы федта, уæд йæ зынæфоис хъоппæг цæстытæ куыд нæ рахаудысты фыр хæлæгæй. Тынг æй бафæндыд, уыцы сыкъатæ йæ уаты къулыл куы федтаид. Йæ цæстытыл ауад, куыд рæсугъд фидаудзысты, уæлдайдæр сæм сыгъ- зæринæй куы фæкæса, уæд. Алчи дæр сæм бахæлæг кæп- дзæн. Иыллæууыд сæ расайыныл. Фæлæ Петкæ дæр аф- тæ æнцон саиæн нæ уыди. Уый хорз зыдта Аксойы æнæ- фоисдзинад, батыхсты заман адæймагæн кæй ’никуы баххуыс кæндзæн. Хæс куы радта, уæд та йæ хæсмæ адæймаджы цармæй гæрзытæ фæуадзы. Петкæйы зæр- дыл æрба^лæууыд, ,иу хатт æй дыууæ æрчъихоры тыххæн æнæхъæн къуыри куыд фæкусын кодта. Дунейы гæды æппæлдтытæ йын фæкодта, ахæм фидар æрчъиаг никуы нс, за^гъгæ. Уæвгæ та дыууæ къуыримæ апырх сты æр- чъитæ. Иу ахæмы та дзы куырдта хор æфстау. Мæхæдæг дæр уый бæрц рæвдз нæ дæн, зæгъгæ, йын загъта æмæ йын фыццаг бацыдæн на^ радта. Петкæ уæвгæ хорз зыд- та, Аксомæ æпæхъæн гопты дзаг кæй ис сырхфарс мæ- 213
кæу. Фæлæ йæ хор зынаргъдæрыл ауæйкæнынмæ хъа- зы, зæгъгæ, æмæ та йæм æрхатыд ногæй. Аксо йын рад- та цалдæр мæрты хæс, ног хорæй сæ дывæрæй куыд ба- фида, афтæмæй. —«Йæ фос, йæ зæххытæн кæрон дæр нæй æмæ йæм цас фылдæр ис, уыйас кæны чъыидыйæ-чъындыдæр. стигъы адæмы царм. Æмае уæд Микъала, кæнæ Га^тæг хуыздæр сты? Сæ фыр хъæздыгæй цы акæной, уый куы нæ зонынц- «Уымæй сæхицæй мæнгарддæр, фæлывддæр, сау- зæрдæдæр ник’уы федтон мæ царды», — хъуыды кодта Петкæ. — Фæсаууонæй сын сæ кæрæдзийы фыдкойы йедтæмæ мацы радт, нал сыл феххæссы дуне, кæрæдзи- йы ’цур та — хуыздæр хæлæрттæ, сæ кæрæдзийы цæра фæкæнынц, иу хæдон дæр сын цыма уæрæх вæййы. Хъæубæстимæ абаргæйæ, армы дзаг йедтæмæ не сты, афтæмæй та адæмы туг банызтой. Мæтыхтæй дæр фыд- лæр сты, æфоис нæ зонынц, кæд сæм хъæубæсты зæххы- ты хуыздæртæ æмæ фылдæр хай ис, уæддæр». Цæй зæхх ис Петкæмæ? Уæлæ йын рагъыл иу.гæп- пæл ис æмæ уый дæр афоныл не сцæттæ вæййы. Йæ ус, йæ фырты дарын нæ фæразы. Кæд æй къахæй хæххон саг дæр нæ аййæфтаид, уыд хъаруджын, уæддæр ног да- рæс никуы ма скодта, йæхи зонынхъом куы фæцис, уæ- дæй фæстæмæ. Кæддæриддæр цæуы искæйы курæггаг хæррæгмы. Петкæйы ныййарджытæ Аксойы фыдæлтæн сæ игæртæй марзтой сыджыт, фосы куыст сын фæкод- той, афтæмæй амардысты. Ахæм хъысмæт кæсы ныр йæхимæ дæр. Куы амæ- ла, уæд цы бынтæ" ныууадздзæн йæ иунæг фырт Мы- состæн, цы йæм ис? Ницы. Гæвзыккæй æмæ йæ мæгуы- рæй пыууадздзæн ихы сæрыл, æндæр нины. —Адон иууылдæр хуыцауы аххос сты, * — сдзырд- та йæ маст æхсидгæйæ, Петкæ, — раст не сиывæзта ду- пейы цард. Цæмæн сæ адихтæ кодта мæгуыртæ æмæ хъæздгуытыл, цæмæп ис иутæм бирæ исбон, цæрыни сойбылæй, иннæтæ та гæвзыккæй æрвитынц сæ цард? Иутæн *æрвыл бон дæр у бæрæгбон, æдзухдæр сын ис бæркадджын фæззæг, иннæтæн та маст æууилы сæ зæр- 214
дæтæ, нæ уынынц уалдзæг æмæ сæрд, сæ цард у тъæн- джы мæйæ дæр фыддæр. Ногæй та йæ цæсты раз февзæрд Аксо. . — Цæмæй лæгдæр у мæнæй Аксо? йæ хæлиуд.шх •фырт Митър цæмæй хуыздæр у мæ фыртæй? Фæлæ уы- дон сты амондджын, уыдон ис, фæллойы хицау, мах* та гæвзыккæй, мæгуырæй нæ бонтæ æрвитæм. Аксо саджы сыкъатæ куы федта, уæд уайтагъддæр загъта Петкæйæн: — Кæд дæ уыйбæрц æхсызгон ницæмæн хъауыпц, уæд сæ мæнæн радт. Æз дыи сыл иу дыууæ мæрты хор ратдзынæаь — Нæ, уæй сæ нæ кæнын, фæдæ сæ куы уæй кæнон, уæддæр афтæ асламыл нæ ауæлдай уыдзысты, — загъ- та йæ фæндон æргомæй Петкæ. — Дæхи куыд фæнды, афтæ, — æнæбары загъта Аксо æмæ ацыди сæхимæ. Аксо хорз зыдта, Петкæ æдзухдæр тыхст кæй вæн- йы хорыл æмæ æнхъæл уыд, дыууæ мæрты кой йын куы скæнон, уæд мын сæ цингæнгæ авæрдзæн, зæгьгæ. Фæ- лæ Петкæ «нæ»-йыл куы ныллæууыд, уæд та феихъæлд- та афтæ: «Уæвгæ сæ ратдзæн, фæлæ сын фылдæр агу- ры». Фылдæр та йæ фæндгæ нæ кодта бафидын, кæд са- джы сыкъатæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, уæддæр. Æнхъæл уыд, Петкæ мæм йæхæдæг æрбацæудзæн лæхс- тæмæ æмæ мын сæ мæ хæдзармæ æрбахæсдзæн. Ф’елæ Петкæ зынæг нæ уыд. Аксойы зæрдæ цæуылдæр фæкъæпп кодта, сыстад æмæ рудзынджы раз æрбадт. — Цæуылнæ сæ хæссы уæддæр? — ахъуыды кодта погæй’Аксо æмæ æвиппайды фестъæлфыд пæ мидбыпаг. Уынджы Петкæты ’рдæм, йе стыр гуыбып йæ разæй хæс- гæ, æрцæйцæугæ федта Микъалайы. Уайтагъддæр æм фехсайдта йæ зæрдæ. — Уый сыгъдæгæй дæр Петкæтæм цæуы, — чхъуы- ды кодта йæхинымæры. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ цæхæрадонмæ агæпп кодта æмæ фæсфæдты Петкæйы хæдзары смидæг. Ныр Лксойы фæндыдис, цалынмæ Микъала нæ фæзынди, уæдмæ хъуыддаг фæхицæн кæнын, бафидауын цыфæы- 215
ды аргъыл дæр, науæд сæ уый куы фена, уæд ^æ æнæ балхæнгæ нæ ныууадздзæн. — Цæй, куыд, Петкæ, ницы ма ’рхъуыды кодтай? — афарста йæ Акеэ. —Цы ’рхъуыды кæнон, нæ зонын, — æнæбярæг дзуапп радта Петкæ. Уæвгæ та йæ зæрдæйы скарста, иугæр еæм Аксо фæстæмæ æрбамидæг, уæд йæ зæраæ- мæ тынг фæцыдысты æмæ йæ ахъаззаг æлхыскъ фæкаг- нын хъæуы, куыд æй бамбара, æнцон зæййы æдзух ис- кæйы æлхыскъ ’кæнын, ^æаи нæ, зæгъгæ, Сфæнд кодта йз.> ракъахын дæр æмæ йын загъта: — Нæ лæппуйы уæлæ Микъалатæм арвыстон, зæ- гъын, уый та уæддæр хуыздæр аргъ фæфиды.' Аксо .фестъæлфыд Микъа1лайы коймæ. — Гъе, хæрæг, хæрæг, уæдæ уымæн æртæхы дæлæ- мæ дæр! — сдзырдта йæхинымæры Аксо æмæ хъуыддаг фæтагъддæр «кодта. — Пегкæ, ра^гæй-æрæгмæ дæр нæ фыдæлтæ лымæнæй цардысты. Мах уын цы фестæм, уый дæ рох цæмæн у?! —æфхæрæгау, сдзырдта Аксо. — Мæ амæлæты бэимæ дæр дын сæ никуы феро’х кæн- дзынæн, Аксо, уæд ма мын сæ мæ зæрдыл цы лæууын кæныс. Фæлæ уыныс дæхæдæг, куыд тыхст дæн, уый. Зæронд бæх, зæронд хъуг æмæ цуанон куыдз йедтæмæ нæ хæдзары цыппæркъахыгæй ницы ис. Микъала фæзынд уынджы. —Гъемæ хорз, лæзар дыи кæнын мæ араппаг бæхы байраг. Исты ма зæгъыс? — афарста йæ Аксо. — Ницы. — Уæдæ -бафидыдтам?! — Кæд æй ракæнон? — Ныртæккæ дæр! Дуар æрбахоста Микъала æмæ бахъæр кодта: — Гъе, Петкæ, ам нæ дæ, цы? — Мæнæ, мæнæ! — цзуапп радта Петкæ æмæ дуар бакодта. Аксо саджы сыкъатæ йæ хъæбысмæ систа æмæ æттæмæ рахызт. Уый ауынгæйæ, фестъæлфыд Микъала æмæ, иу куыдз иннæмы стæг баисынмæ куы фæхъавы, уый каст бакодта Аксомæ, стæй æнæбары йæ сæвджын былтæ худæн змæлд бакодта, фæлæ дзургæ ницы скод- та. 216
Аксо ахаста саджы сыкъатæ, Петкæ та байраг æр- ласта сæхимæ. Байраг уыд рæсугъд, йæ ныхыл урс згъар, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Гæрæм. Райдыдта йæм зилын хæхбæсты хуыздæр кæрдæгæй. Дардта йын йæ дзыхы комдзаг. Байрат къахæй а’фтæ рæвдз рахаста, аф- тæ фидар разынд æмæ йæ мадæй æмбисонддæр баззад. Бадын ыл куы райдыдта, уæд ыл быдыры хъæддаг сыр- ды æййæфта. Мысост Хетæджы бонмæ фæзынд Гæрæмыл. Бæхы &лвæст, сыгъдæг нуарæй кондау æрвгъуыз буарыл хъа- зыдысты хуры тынтæ. Уæлдаи рæсугъддæр æй кодтой, йæ раззаг къæхты сæфтджыты сæрмæ зæнгыл цы урс нарæг тæлмытæ уыд, уыдон, стæй йæ ныхы урс гæрæм^ Уæдæ уымæй рæсугъддæр та уыд йæ барæг. Сау къуы- быр рихитæ, цæхæр цæстыты æнгас, пылыстæг къабæзтæ æвдисæн уыдысты Мысосты фидыц æмæ хъаруйæн. Ин- •нæ барджыты æхсæн дардта уæлдай бæрæгдæр, уæвгæ дзы кæд дарæсæй уымæй бирæ арæзтдæртæ уыд, уæд- дæр. Бæрæгбоны уыдис Тæтæрхъаны чызг Аминæт дæр. Мысост йæ бæхыл хъазын куы райдыдта, уæд ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æвдыста алыхуызон диссаджы хъæзтытæ. Афтæ хорз арæхст бæхыл æмæ йæм дардæй чи бакастаид, уый фенхъæлдтаид, зæгъгæ, ай хохаг лæгГ- пу нæу, фæлæ йæ цæргæ бонтæ цирчы чи1 арвыста, ахæм. Бæхыл-иу тæхгæ-тæхын йæхи фехста размæ, аз- 1^ъордт,а>-иу бæхы фæрсты, стæй-иу пуртийæ рогдæр йæ- хи фехста бæхы рагъмæ. Кæнæ-иу саргъыл хъен алæу- уыд; зæххæй-иу фелвæста æхца. Мысосты алы хъазтмæ дæр адæм кастысты стыр диссагмæ кæсæгау. Райдианы бæрæгбонмæ чи ’рбацыд, уыдон кæд уыдысты бирæ къордтæ-къордтæй: иутæ дзы кафгæ кодтой, аннæтæ заргæ, уæд фæстагмæ æмбырдкæ- нын байдыдтой, бæхтыЛ чи хъазыд, уыдон алыварс. Мысостимæ быцæугæнджытæ чысыл нæ уыдысты, фæлæ уæлдай тынгдæр йæ уды бицъынæг хъардта Бо- рæтычАксойы фырт Митър. Иу цалдæр хъазты йын уæв- гæ æнтысгæ дæр бакодта. Цæсты ныкъуылды бæрц саргъыл хъен дæр алæууыд. Мысостау хъавыд бæхæй хи фехсын, пæ фæрсты размæ азгъорын æмæ йыл ногæй 217
багæпп кæнын, фæлæ йын уыцы хъазт нæ^ фæрæстмæ. Бæхы рагъæй бæргæ фехста йæхи размæ, фæлæ йæ зæнг- тæ фæтасыдысты, нал баурæдта йæхи æмæ йе ставд былджын хæмхудтæ зæххыл ахафта. Уайтагъддæр ын тугæй асырх сты. Йе стыр былтæ анæрстысты. Былтыл авæрдта йæ фындзы кæлмæрзæн æмæ уайтагъддæр сырх хъулæттæ адардта. Митър канд састы бынаты нæ баззад, фæлæ ма кæйдæр уайдзæф дæр йæ хъустыл ауад, æнæ базыртæй йын мæргътимæ æнæ тæхгæ нæй, зæгъгæ. Ацыд иузарс æрхæндæг зæрдæйæ Митър æмæ йе ’мбæлтты фæсчъыл- дымæй сусæгæй йæ цæст дардта Мысосты арæхстджын -хъазтмæ. Сау хъуыдытæ æвзæрдысты йæ зæрдæйы. Мæсты кодта йæ фыд Аксомæ дæр. Уый сын -куы нæ радтаид уыцы байраг, уæд Петкæйы фырт йæхимæ цæ- мæй æркæсын кодтаид адæмы, зæгъгæ. _ Иу рæстæджы та Мысосты бæх йæ фæстæгтыл куы алæууыд, афтæ йæм чидæр йæ худ уæлдæфы сæппæрста. Мысост йæ дамбаца фелвæста, худ сгæрах кæнынмæ хъавыд, фæлæ куы ауыдта йæ сæрмæ тæхгæ маргъы, уæд æй фехста æмæ йæ æрæппæрста. Раст уыцы рæстæ- джы Мысосты цæстытæ ацахстой Аминæты. Уый федта зын хъæзтытæ æххæсткæнгæйæ, чызг куыд тыхст йæ- химидæг; маргъ куы æрæппæрста, уæд та йæ цæсгом куыд фæрухс цинæй» Тынг фæцыд Мыоосты зæрдæмæ Аминæт. Аивæй ма йæм ноджы дæр иу каст баколта. Фæкомкоммæ сæ цæстæнгас æмæ чызг фæсырх, фæлæ йæ пæмæй мачи бафи-ппайа йе ’мбал чызджытæй, уый тыххæй йæхи æндæрырдæм кæсæг акодта. Уæвгæ та йын Мысосты цæхæр цæстæнгас йæ зæрдæ ныццавта. Цæуыл ма быцæу кодтаиккой Мысостима^ еры:гæн- джытæ, ахæмæй сæм ницы уал уыди. Сеппæты дæр ам- былдта, сеппæтыл дæр фæуæлахиз. Бæхтыл хъазт куы фæцис, уæд куывды адæм аи- вылдысты хъæбысæйхæцджыты ’рдæм. Ироп фæсив-ед рагæй-æрæгмæ æмхиц сты хъæбысæй хæцынмæ. . Ныхасы-иу сæрыстырæй адæм кодтой Болайы, гъе- та Чермены кой. Ам та бирæ гуыппырсар лæппуты ’хсæн уæллай бæрæгдæр дардта Сырхауты Ахберд. Лæгдыхæй сæ хъару чи ’взæрста, уыдон кодтой алыгъуызоч хъæз- .218
тытæ: Дыууæйæ-иу æрбадтысты нæууыл, сæ къæхтæ-ну кæрæдзимæ сбыцæу кодтой, æрхæцыдысты-иу лæд*æ- гыл. Алчи дæр ыл-иу ахæцыд йæхирдæм. Ахберд-иу кæ- уыл æрбанцад, уый-иу уайтагъддæр фелзæста зæххæй. Кæнæ-иустыр дурдардмæ æппæрстой. Фæстагмæ бацай- дагъ хъæбысæй хæст. Æвæццæгæн, Ахбердæн æппæ^ хьæзтытæй адджындæр уыди хъæбысæй хæцын. Цæ- виттоны хъуыддагæн, иухатт йæ фыд Болатыхъоимæ уыд горæты сæ хæстæджытæй кæмæдæр. Хъæуккаг лæп- пу никуы ницы федта> зæгъгæ, æвæццæгæн, ахъуыды кодта фысымы- ус æмæ загъта йæ фыртæн: «Лæппу, Ах- берды циркмæ акæн» Фыццаг хатт уæд Ахберд йæхи цæстæй федта, аргъæутты-иу цы богæлтты кой кодтой, ахæмты. Ставдкъабазджын нæлгойм.аг цыбыр хæлафы мидæг рацыд адæмы размæ цирчы астæумæ. йæ уæхс- джытыл ын æрæвæрдтой даргъ цæджындз, дæс адæч- маджы йыл иуырдыгæй æрцауындзæг сты, дæс—иннæ- рдыгæй, фæлæ уæддæр нæ фæтасыд, уыцы фидарæй лæууыд. Фæстагмæ йæм иу стыр урс гал раскъæрдтой. Богал фæмидæг галы <бын, фелвæста йæ йæ уæхсджы- тыл æмæ йæ фæстæмæ аскъæфта. Ахбердмæ уыцы хъуыддæгтæ йууылдæр кастысты фынфенæгау. Хъæу- мæ куы ’рцыд, уæд сæ дзырдта сæ хъæуы лæппутæл, æмæ йæм уыдон тынг батæхуды кодтой. Иухатт сусæгæй бафæлварцнмæ хъазыд йæ хъару, æрцахста сыхæгты уæныг, афæлвæрДта йæ сисыныл, фæлæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæдæй фæстæмæ Ахберд æдзухдæр фæл- вæрдта йæ хъару сæ хъæуы лæппутимæ. Арæх иста стыр дуртæ, æхста сæ дардмæ. Фæстагмæ канд йе ’мгæрттыл нæ, фæлæ-иу йæхицæй бирæ хистæрты дæр, хъæбысæй хæцгæйæ, авæрдта зæххыл. Йæ цыппæртыл- иу слæууыд, йæ рагъыл-иу слæууыдысты фондзæй æмæ сæ-иу фелвæста. Рацыд йæ кармæ, тынг æй фæндыд, цирчы богалау, ныр йæ хъару сæ зæронд галыл ба- фæлварын. Иу изæр куы уыд, уæд сæ гал кæрты хуыс- сыд. Ахберды фыд нæ уыд сæхимæ. Гъеныр мын хорз фадат ис, зæгъгæ, ахъуыды код- та Ахберд æмæ галы сыстын кодта, бацыд йæ бынмæ. Болатыхъо цæхæрадоны ’рдыгæй æрбацæйцыд æмæ йæ фырты галы бын куы ауыдта, уæд ын æхсызгон уыд, 219
галы гуыбыны рыгтæ сыгъдæг кæны, зæгъгæ. Уæдмæ йын æрхæцыд йæ къæхтыл æмæ йæ систа йæ уæхсджы- тыл. Уыцы хабар фенгæйæ Болатыхъойы къухæй къæ- пи æрхаудта. Ахберд йæ фыдæй фефсæрмы, æрæвæрдта галы æмæ къæмдзæстыгæй йæхи æттæмæ айста. Болатыхъо- йы зæрдæмæ та бахъуызыд æнæкæрон стыр циндзинад. — Ай мæ хæдзары уæйыг куы схъомыл ,æмæ йын нырмæ куьгницы зыдтон, — сдзырдта йæхинымæры. Иу ахæмы та Къуыппы хъæуы цæрджытæ сарæзтой куывд. Чидæртæ сæрыстырæй æппæлыдысты сæ цотæй, хуыдтой сæ сæрæн гуырдтæ. Болатыхъо дæр сæм йæ ны~ хас баппæрста: — Сæрæн у нæ лæппу, æви нæ, уымæн бæлвырдæй иицы зонын, фæлæ йæ хъаруйæ ничи амбулдзæн. Цы- фæнды стыр галы дæр фелвасдзæн рогæй. — Æз хæснаг кæнын, — чысыл нозтджынæй, пара- хат зæрдæимæ хъæрæй дзырдта Хъаныхъуаты Темырбо- лат, — чи уæнды хæснаг кæнын, уый мæ ныхмæ æрлæу- уæд. Болатыхъойы фырт Ахбер’д, Болатыхъойы фырт Ахберд, — дыккаг хатт ноджьг хъæрдæрæй загъта Те- мырболат æмæ адæмыл йæ цæст ахаста, — уæртæ мæ бæхы змæлын дæр кæй не скæндзæн йæ бынатæй, ууыл. Адæм сыл цымыдисæй æрбамбырд сты, уæдæ цы уыдзæн дарддæр, зæгъгæ. Хъæубæстæ кæд Ахберды зыд- тои хъаруджынæй, уæддæр æй афтæ хъаруджын ничи æнхъæлдта æмæ бæх сиса. Хæснаг кæнынмæ пичи ба- хаста йæ ныфс. Уæд Болатыхъо йæхæдæг ралæууыц размæ æмæ бафарста Темырболаты: — Æмæ куы сиса, уæд та цы уыдзæн? Цы у хæсна- джы сæр? — Мæнæн уæлдай нæу! — хъуысти Темырболаты хъæр. Болатыхъомæ бацыд йæ хуыцау ’лгъыст сыхаг Са- фарби æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Бæх чи сиса, уый усгур лæппу у æмæ йын йæ чыз- джы тыххæй бадзур, науæд ирæд цæмæй бафиддзынæ, мæнæй уæлдаи дыл хъуын куы нæ хæцы, уæд. — Дæхæдæг фæу æхсæны лæг, — загъта Болаты- хъо Сафарбийæн. 220
— Цæй, уæ ныфс нал хæссут? — хъæрæй сæм сдзырдта Темырболат. Сафарби раздæр ралæууыд æмæ йæ бафарста: —Фидарæй дæ ныфс хæссыс хæснагмæ? — Уый та цы хоныс? — фестъæлфыд Темырболат. — Ард хæрыс, куы фембылд уай, уæд дæдзырд кæй нæ фæсайдзынæ, ууыл? — ноджы йæм тынгдæр æруыр- дыг Сафарби. Темырболатмæ райдианы хъыг фæкастысты Саф;ф- бийы ныхæстæ. Рæстæмбис цæрæг уæвгæйæ, йæхицæй растдæр адæймаг никæй зыдта. Стыр аргъ ын кодтой хъæубæстæ дæр. Сафарби йæм æууæнчы тыххæй кæй æруырдыг, уый тыххæй йæ бафхæрынмæ хъавыд. Фæлæ хæснаг бирæтæ нæ феххæст кæнынц, сæ дзырд фæса- йынц æмæ дзы фидарæй кæй домдтой, уый йæм хорз фæкаст. Афтæ æмбæлы, зæгъгæ. — Ард хæрын мæнæ ацы адæмы раз хуыцауæй, куы фембылд^уон, уæд мæ дзырд кæй нæ фæсайдзынæн, ууыл. "" - — Уæдæ хæснаджы сæр у дæ рæсугъд чызг Фари- зæт. Куы фембылд уай, уæд æй ратдзынæ Бол,атыхъойы фырт Ахбердæн æнæ ирæдæй. — Мæнæ хорз адæм, фехъуыстат Сафарбийы ны- хас? — Фехъуыстам, фехъуыстам, Темырболат! — схор- хор кодтой адæм. — Уый æгæр стыр ныхас у, фæлæ хæснаг хæснаг у æма!, — баф’арста Болатыхъойы, — разы дæ, Болатыхъо, ахæм хæснагыл? — Разы дæн! — цыбыр дзуапп ын радта Болаты- хъо. — Уæдæ, мæнæ хорз адæм, фехъуыстат нæ ныхас дæр. Нырмæ уе ’хсæн фæцардтæн раст адæймагæй. Мæ дзырд никуы фæсайдтон. Нал æй фæсайдзынæн ацы хатт дæр. Куы фембылд уон, уæд мæ чызгимæ мæ бæх дæр ратдзынæн Болатыхъойы фыртæн. Фæлæ дæхæдæг куы фембылд уай, Болатыхъо, уæд та мын мæхицæн ратдзынæ дæ чызг Чесадуйы. Разы дæ гъе ныр афтæ- мæй? — Разы дæн! — ногæй та загъта Болатыхъо, йæ 221
фырты хъаруйыл фидарæй йæ зæрдæ даргæйæ. — Уæдæ æрбакæ дæ фырты æмæ равдисæд йæ лæг- дзинад. Хъæуы лæппутæ уайтагъддæр æрбамидæг кодтой Ахберды. Хæснаджы сæр цæуыл у, уый куы бамбæрста Ах- берд, уæд иыфсæрмы. Сафарби йæм æввахсдæр бацыд æмæ йын ныллæг хъæлæсæй загъта: — Дзæгъæл æфсæрмытæ ныууадз, науæд дын Те- мырболат Чесадуйы ахæсдзæн æмæ уый худинагдæр у. Ахбердмæ раст фæкастысты Сафарбийы ныхæстæ. Æнæхъæн хъæубæсты куывды адæм æрхъæцмæ нал хъæцыдьгсты. Æнхъæлмæ кастысты, хæснаг чи рамбул- дзæн, уымæ. Ахæм рæстæджы худинаг сæрмæ æрхæсси- иаг Нæу. Аннæмæй та иунæг хатт федта Ахберд Фаризæ- ты, фæлæ* ахæм рæсугъдыл искуы йæ амонд бавзардзæн, уый йæ уырнгæ дæр нæ бакодтаид. Минæгаæрттæ бар- витынмæ та уæндгæ дæр нæ бакодтаид. .Ныр ын æрцыд йæ амонд бавзарынæн фадат. Темырболаты стыр бæхы æрбаластой ныхасмæ. Ахберд æм бакаст æмæ йæ был- тæ худæн змæлд бакодта... «Чи зоны Темырболаты бæх сæ галæй ч уæззаудæр у, фæлæ- Аксоты, къамбе- пы дæр кæддæр быдыры’ фелвæстон, æмæ уымæй дæр уæззаудæр уа$ уый’æнхъæл нæ дæн», — ахъуыды кодта йæхинымæр. Ахберд исдуг йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкод- та, æнхъæлмæ кастис, ^зæгъгæ, йын кæд зæгъдзысты, уымæ. Уыцы хъуыддаг Темырбэлат та æмбæрста йа^хи ’рдыгонау, ома бæх сисынмæ йæ ныфс нæ хæссы æмæ ма йæхи та цы худинаг кæны. Рахъавыд æй амæстæй марынмæ: . — Æнхъæл дæн æмæ бæх мæхицæн исгæ æрцæу- дзæн. — Цы ми кæныс, лæппу, цæмæ ма кæсыс, — сдзырд- та йæм йæ фыд. Ахберд бауад æмæ, цыма, сæгъыл схæцыд, уый ро- гæн фелвæста Темырболаты бæх. Бæх ма йæ къæхтæ ариуыгъынмæ хъавыди, фæлæ йæ Ахберд йæ тыхджын 222
цæнгтæй афтæ тынг æрбалхъывта æмæ йæ дзæгъæл змæлд нал бауагъта, афтæмæй нæ фæцæйскъæфта. — Кæдæм?! — фæхъæр ыл кодта Болатыхъо. Ахберд фæстæмæ фæзылд бæхимæ. • — Нæхимæ йæ скъæфын, уый ныр мах у. Адæм бахудтысты. — Фембылд дæ, Темырболат, — фехъуысти ныхæс-' тæ адæмы æхсæнæй. — Æрæвæр æй, — сдзырдта Сафарби Ахбердмæ. Темырболат бацыд Ахбердмæ æмæ йын йæ къух райста: — Æнæнизæй батон дæ хъару. Фембылд дæн, мæ хур, мæнæ дын мæ бæх,— бадаргъ кодта бæхы дзылар. — нæ дæ фæсайдзынæн мæ чызгæй дæр. — Ахберд фæ- сырх. — Иннæ абон стыр кад æмæ радæй рахæсс мæ чызджы. Æппæт хæрдзтæ дæр мæхицæй. Мæнæ хорз адæм, курын уæ æмæ-иу чындзæхсæвмæ фæзынут. Ахберд нæ иста- бæхы дзылар. — Айс, мæ хур, айс, æфсæрмы ма кæн, — загъта пын хъæуы хистæр. — Давгæ йæ нæ ракодтай, лдæмы ’хсæн æй рамбылдтай. Ахберд райста бæхы дзылар æмæ, æфсæрмы кæн- гæйæ, Темырболатæн загъта: — Аив нæу уазæджы фистæгæй ауадзын. Мæнæ дæ бæх æмæ йыл амæй фæстæмæ дæр цины куывдтæм фæцу. Темырболат нæ иста бæхы дзылар. Нæ йæ фæпдыа й*æ уæздандзинад хъæубæсты цæсты фæныллæгдæр кæ- •нын. Ахберды лæгдзинад тынг фæцыдис хъæубæсты зæр- дæмæ. -Сæ мыггаджы хистæр райста бæхы дзылар æмæ йæ бадаргъ кодта* Темырболатмæ. — Дæ хайваны айст амондхæссæг фæуæд Болаты- хъойы хæдзармæ. Хæлар хæстæджытæ фæут, хъæубæстæ та уæм цины куывдтæм фæцæуæд: Темырболат райста йæ бæх. Куывды адæм фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Би- рæтæ æнхъæл уыдысты хъуыддагæй ницы рауайдзæн, нæ ратдзæп йæ рæсугъды Ахбердæн, зæгътæ, фæлæ нæ фæсайдта йæ дзырд Темырболат. Йæ чызг Фаризæты радта Болатыхъойы фырт Ахбердæн. Ныр уыцы Болатыхъойы фырт Ахберд мæнæ ацы 223.
бон, Хетæджы къохы бын бирæ адæмы раз æвзары йæ хъару, фæлæ йын тыхгæнæг тых нæ ары. Æппынфæстагмæ йын йæ ныхмæ раппæрстой æры- дойна1г богалы. Уыцы рæстæджы хъæбысæйхæцджытæм бауад зæрдæрухсæй Петкæйы фырт Мысост дæр. Куы ауыдта йе ’ставд къабазджын хæлар Ахберды астæуæй, уæд ын тынг æхсызгон уыд. Ныццавтой дыууæ богалы кæрæдзийыл сæхи- Ахберд хъаруджын кæй у, уый хорз бамбæрста æрыдойнаг бо- гал æмæ барæй йæхи фæстагмæ урæдта, уадз æмæ уал иннæтимæ афæллайа, стæй йын ахуыр кодта йæ дæсны- дзинад. Æрыдойнаг богалмæ афтæ ’фæкаст, цыма Ахберд афтæ зын абырсæн нæу, уæлдайдæр æй тынг куы бафæл- лайын кæнай, уæд. Æмæ æцæгæйдæр дыууæ богалы кæ- рæдзийыл сæхи куы ныццарзтой, уæд æрыдойнаг архайд- та, Ахберды къухтæ йыл биноныгæй цæмæй ма фæхæст уой, ууьгл. Кодта сæртæг гæппытæ, хъавыд æвиппайды -сæртæг ракъуырдæй Ахберды фæфæлдахынмæ дæр.^Уы- цы хъуыддаг бафиппайдта Мысост. Иу хатт та Ахберд йæ алы фарс, цъилау, райдыдта зилын æрыдойнаджы. Уый ныззæгæл Ахбёрдыл æмæ æнхъæлмæ каст, кæд æрлæудзæн, уымæ. Æвиппаиды æрыдойнаг Ахбердмæ фæцарæзта йæ къах æмæ Ахберд йæ зонгуытыл алæууыд. Фæлæ уайтагъддæр фæгæпп кодта фæстæмæ. Бамбæрста уæд йемæ хæцæджы кæд богал хонынц, уæддæр кæй нæ архайдта хъаруйæ, фæ- лæ хинтæй. Хъыг æм фæкаст уыцы хъуыддаг. Уыцы иу рпуыгъд æй æрбакодта йæхимæ æмæ йын ацахста йæ мæкъуыстæг. Бæргæ ма архайдта æрыдойнаг йæхи ато- ныныл, фæлæ базыдга, йæхи атонынæй йæ мæкъуыстæг раздæр кæй атондзæн, уый. Атыдта йæ Ахберд зæххæй. Уæлдæфы йæ, сывæллонау, арадав-бада^в кодта, ста^й йæ уыцы иу риуыгъдæй фехста иуварс. Уæззау цæф иыккодта йæхи æрыдойнаг æмæ бауадзыг. Исдуг змæл- тæ дæр нал скодта. Мысост бауад æмæ ныхъхъæбыс код- та Ахберды. Æрыдойнæгтæй чидæртæ затъд ракъахын- мæ хъавыдысты, фæлæ Къуьгппыхъæуы лæппуты куы ауыдтой Мысост æмæ Ахберды алварс æрбагæппæввон- гæн, уæд сæ масты къуыбар аныхъуырдтой, нал бахас- той сæ ныфс хыл кæнынмæ. 224
Къуыппыхъæуы лæппутæ та баззадысты тынг разы- йæ, иннæ хъæутæй кад ахæссын кæй никæмæн бауагътой, уый тыххæй. 2 Иунæг хатт федта Аминæт Мысосты, фæлæ æгасæй дæр уарзондзинады артæй ссыгъди. Æдзухæй дæр йæ цæстыты раз уыд арæхстджын Мысост, йæ бæхыл хъаз- гæйæ. Уогуртæ сæм куы цыдыеты, уæд тынг хъыг кодта, се ’хсæн кæй нæ уыд йæ уарзон адæймаг, уый тыххæй. Аминæтæй къаддæр уарзондзинадæй нæ сыгъд Мы- состы зæрдæ, фæлæ йæ ныфс нæ ’хаста Тæтæрхъантæм минæвæрттæ барвитынмæ. Амæй йæ ай равзаргæдæр хъæздгуыты фырттæн чи нæ дæтты, уый мæнæн кæцæй ратдзæн йæ иунæг чызджы, зæгъгæ. Ацы хъуыддаджы тыххæй Мыоостмæ æрхатыдысты йе ’мгæрттæ, уæлдайдæр та Ахберд, ды дæр дæ амонд бавзар, зæгъгæ. .— Гъæй, дæ бонæй дæ уа, Ахберд, ды Фаризæты куы- дæй рахастай, афтæ хæсгæ куы уаид, уæд, чи зоны. Фæ- лæ бинонты зæрдæмæ фæцæуынæй дарддæр хъæуы стыр ирæд аппарын æмæ кæм ис. — Амонд хъулæй хъазтæй уæлдай нæу, бавзарын ни- цы кæны, — йæ фæндоныл цæхгæр лæууыд Ахберд. Æцæгæйдæр бавзæрста йæ амонд Мысост, бар.выста йæ минæвæр’тты Тæтæрхъантæм. Тæтæрхъан йæ иунæг чызг Аминæты радта мæгуыр Петкæйы фырт Мысостæн. Ами’нæты Мысостæн раттыны хабар хъæздгуыты фырттæн уыд æхсæрфарсы рацъыччы хуызæн æмæ код- той алыгъуызон уынаффæтæ. Сæ иуты фæнд уыд лæг- дыхæй Аминæты аскъæфын, иннæты фæндыд Мысосты амарын. Рæстæг цыд, фæлæ дзы иуты фæнд дæр не ’ххæст кодта. Тæтæрхъан Мысосты минæвæрттæн разыйы дзуапп куы радта, уæд сыч уæвгæ бамбарын кодта, иннæ уогур- тæй йæ уæны мигъ кæй бады, кæй хъавдзысты ацы хъуыддаг фехалын, уымæ гæсгæ хъуыддаг батагъддæр кодта йæхæдæг. 15* 225
Уæдæ Мысост дæр æнæзонгæ нæ уыд, ныр хъæзд- гуыты фырттæ йæ фæдыл, фæдæсмуд куыйтау, кæй зил- дзысты, кæй йæ хъæудзæн лæгæй-лæгмæ семæ фембæ- лын. ■— Ацы хъуыддагæп æнæ ’рцæугæ нæй, — хъуыды кодта Мысост, — æмæ цыфæнды дæр уæд, фæлæ æппæт дæр хъуамæ æрцæуа Аминæты æрхæссыны агъоммæ. Уымæ гæсгæ сфæнд кодта цуаны ащæуын. Хъæубæс- ты лæппутæн ахъæркæнын кодта* хабар. Мысост райсом тархъæды фахсмæ цæуы нуаны, зæгъгæ. Иннæбон сыгъ- дæг сырды фыдæй чындзæхсæв скæнынмæ хъавы. Мысосты уырныдта, сырды фыдæй чындзæхсæвы кой куы фехъусой, фыдæх æм чи сты, уыдон уæд сæ маст ноджьг.тынгдæр кæй рахсиддзæн, нæй фæтагъддæр кæн- дзысты сæ масты фæндагыл ацæуынмæ. — Кæд дзы æнæмæлгæ нæй, уæд фæлтау рагацау, цалынмæ Аминæты не ’рбахастон, уæдмæ. Науæд ахæм æвзонг ’чызг куы фенамонд уа, уæд .мæрдты зындоны хъйзæмар кæндзынæн. — Иннæмæй та хъуыды кодта: — Цы хъомыл -мып сты; æз дæр мæ хæдзарæй лæджы но- мыл куы цæуын, худ куы дарын, мæ бинонты нырмæ дæр сырды фыдæй куы хастон, уæд мæ чындзæхсæв æнæ сырды фыд куыд хъуамæ ныууадзон. — Цуаны хъуамæ ауайон, Æна, — Мысост загъта йæ мад Цæргæсонæн æмæ Æттайæн зæгъ. — Æтта, зæгъгæ, афтæ хуыдта Петкæйы. Цæргæсон пæ уарзта, йæ фырт цуаны кой кæй код- та, уый. Иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста æнамонд хабæрттæ. Хетæгкаты Къостайы загъдау, «цуанон лæг мæрдтæм* хæстæгдæр лæууы, йæ мард та уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны». Мысосты мад алы хатт дæр йæхицæн бынат нæ ардта, йæ фырт-иу нуанæй æрæгмæ куы цы- дис, уæд, кæд ыл исты фыдбылыз сæмбæлд, зæгъгæ. Ныр ын зæгъынмæ хъавыдис, ма ацу, зæгъгæ, фæлæ йæ зæр- дæ фехсайдта фырты ныхасмæ. Цуаны цæугæйæ Мы- сост йæ фыды никуы фарста, уымæ гæсгæ йын ницыуал загъта, фæлæ хъуыддаг бамбарын кодта йæ лæгæн. Хъаруджын æмæ æмбаргæ лæг уыд Петкæ йæха^дæг дæр, кæд æй уæззау дуджы зын царды уавæртæ асины къæхтыл уæлæмæ схизып нæ бауагътой, уæддæр. Мы- 226
сост цуаны цæуы, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд æм ра- цыд æмæ йын æргомæй загъта:. -- Иннæбон дæ чындзæхсæв у, лæппу, æмæ мæ <нæ фæпды хъуыддаг ахицæны размæ цуаны ацæуай, уый. Дæ алы къахдзæф дæр дын барджытæ кæй фæзынд ныр, уый дæ рох ма уæд. Исты масты нæ бафтаудзыс- ты. Мысост исдуг, цавддурау, лæууыди йæ фыды раз æмæ йын æнцад хъуыста йæ зондджын ныхæстæм, стæй йæ зæрдæйы цы ныхмæлæууæг хъуыдытæ сæвзæрд а- фæстаг рæстæджы, уыдон райхæлдта йæ фыдæн... Петкæ бирæ фæхъуыста йæ фырты ныхæстæм æмæ дзы, зæгъгæ, æфсæрмы нæ кодта, уæд æй фырцинæй ныхъхъæбыс кодтаид, афтæ разы, афтæ сæрыстыр дзы уыдис. — Хорз, — загъта фыд йæ фыртæн, æмæ йæ, цыма, æцæг хæсты быдырмæ æрвыста, уыйау ы« фæдзæхста:— Нæ дæ уромын, фæлæ демæ акæн, дæ зæрдæ кæуыл да- рыс, ахæм фидар æмгæртты, æрмæст сын рагацау хабар бамбарын кæн. Дæ ады хатты фæндаг у какон сындзæй æхгæд, кæсы дæм дæ алы къахдзæфмæ дæр знаджы топпы кæсæнæй мæлæт, фæлæ-иу лæуу хъæддыхдæр, кæсдзынæ цырддæр, хъусдзынæ тынгдæр æмæ бахъуа- джы,сахат ма фæхудинат кæн мах дæр æмæ дæхи дæр. Мысосты æмгæрттæ куы фехъуыстой цуаны цæуыны хабар, уæд дыккаг бон фондзæи, хотыхтæй рæвдз, аф- тæмæй фæзындысты Мысосттæм. Петкæ лæппуты Уас~ тырджийæн бафæдзæхста æмæ сæ афæндараст кодта. Мысосты фæдыл ацыд дыккаг къорд дæр. Дыккаг къэрд амидингæнджытæй уыд Мысосты хæлар, айнæгфарс æмæ пылыстæг кæй хуыдтой, уыцы номдзыд Сырхауты Ахберд. Уый уыд сыхаг хъæуы балцы æмæ йæ хъустыл æрцыд Мьгсост цуаны кæй >цæуы, стæй йæм кæй ис æрт- хъирæнгæнджытæ дæр. Ратагъд кодта Ахберд сæхимæ, фæлæ Мысосты нал æрбаййæфта хъæуы. Базыдта Ах- берд Петкæйы ныхæстæй, Тархъæды фарсы ’рдæм кæй ацыдысты цуаны, уый. Амбырд кодта- хъæубæсты лæппу-, тæй кæйдæрты æмæ ацыдысты цуанæтты фæстæ. Сихорафон уыдаид, афтæ иу æрдузы бадт’æ баййæф- та Мысосты йе ’мбæлттимæ. Чысыл фалдæр та, къæхтæ- 227
къухтæ баст, -афтæмæй дæргъæй-дæргъмæ хуыссыд Ми- тър. Мысосты бæрзæй басылыхъæй уыд æнгом баст. Ба- сылыхъæй рахъардта туджы фæд æмæ йыл ахъæбæр. Аминæты курджытæй иу уыд Митър дæр æмæ йæ Ахберд дæргъæй-дæргъмæ куы ауыдта, уæд хъуыддаг уайтагъддæр бамбæрста. Иæ уарзон æмгары цæфмæ йæ маст афтæ æрбахсыст æмæ æхсаргард уайтагъддæр йæ къухы цæхæртæ акалдта. Мысост æй, зæгъгæ, нæ ацахс- та, уæд Митъры йæ астæуыл ахауын-кодтаид. — Гъæ, куыд дын амардтæн, гъе, мæ хæлар, дæ туг дын куы калдтой, уæд æз та кæм мæрдты фæндагыл фæдæн,—йæ уарзон æмгармæ, хатыр курæгау, сдзырдта Ахберд, стæй сæ фæрсынтыл схæцыд. Раст уыдис Мысосты хъуыды чындзæхсæвы размæ ацуаикæныны тыххæй. Иугæр Аминæт куы нæ бакуымд- та Митърæн, уæд уый басомы кодта йе ’мгæрттæн, æз уыцы чызгæн йæ фыды уæларт урс дадалитæ æруадзын кæндзынæн æмæ йæ, мæ цæст æрттивгæйæ, ничи ахæсдзæн зæгъгæ. Куы фехъуцста Аминæты Петкæйы фыртæн радтой, уæд та йæ маст, цæджджинагау, рафыхт. Аминæ- ты радтынæй нырмæ кæд нымад бонты йедтæмæ нæ ра- цыд, уæддæр фырмæстæй урс халас фестад Митър, разы нал уыд йæ цардæй, йæ тæригъæд хъардта хуыцауыл: — Дæлæмæ ’рхауай, о, уæлæ хуыцау, Мысостимæ мæн чи сфæлдыста.' Цæргæбадты мын чи уынын кæны сау хъизæмæрттæ. Æви иæ зоныс, иу арвы бын нын къуындæг у дуне. Дæ зæрдæхудты цæмæй бацыдтæн, æнамондæй мæ цы рафæлдыстай. Куы нæ дæн зондцух, æдых — хъаруйæ, цæуылнæ мын ис фæндаг уæд размæ? Цæмæн фæлæууы цæлхдуры хуызæн мæнæн Мысост æдзух мæ размæ? Мæ уд куы хъардтон нæ фæсивæдæн раздзог уæвыныл. Мæ бæсты уыдон Мысосты райстой. Фæрсынц æй зондæй. Мæ рухсдæр сæнтты Аминæтæй æз мæхи рæвдыдтон æмæ Мысосты хай уый дæр куы фæци. Уый цин куы кæны, нæ худгæ хурау, йæ зæрдæ рухсæй, мæ саузæрдæ та мæйдар æхсæвæй куы ба- цис тардæр. Мæстæй нырхæндæг. Цæджджинагау дзы æхсиды карз маст. Цæйнæфæлтау ын Аминæты æз хæс- сьш бауадзон, фæлтау фæцудæд нæ бæрзонд хæхтæ, ныл- лæууæд дæттæ, сфыцæд фурд дæр, цъæх арв æрхауæд, 228
рæстæй зындзинад æвзарæд дуне, цъæх пилло’н арты! Уæддæр нæ уыдзæн! Нæ, нæ, нæ уыдзæн! Фæлæу, мæ лымæн, æртыхсдзынæн дыл, залиаг калмау, хинтæ, кæ- лæнтæй. Талынг ингæнау, дæ рухс зæрдæйы куы феной тарæй, де сæфтæй рухс хур мæпыл скæсдзæн! Æвиппайды фæтар кодта Митър йе ’рфгуытæ. Йæ зæрдæйыл æрбалæууыд Хетæджы бон. Уæд Митър йæхи цæстæй федта Мысосты хъару æмæ арæхстдзинад. Лæ- джы фырт уый ныхмæ лæгæй-лæгмæ ни)цы бакæндзæн, уый йæ уырныдта фидарæй, уымæ гæсгæ архайдта хинтæ æмæ кæлæнтæй. Бирæ фæагуырдта фадат йæ сау фæнд баххæсткæнынæн. Иу цалдæр хатты сусæгæй æхсæвы- гæтты æрбахъуызынмæ хъавыд Мыоосты хæдзармæ, фæ- лæ йæ Петкæйы куыдз Мила æмгæрæтты дæр нæ уагъ- та, йæ къухы-иу ницы бафтыд, афтæмæй-иу мæстæй мæлгæ фæстæмæ ацыд. Иыр куы фехъуыста* Мысост цуа- ны цæуы, зæгъгæ, уæд фæсидтис йе ’мгæрттæм. Фæзын- дысгы йæм уыдон дæр. Бирæ фæуынаффæтæ кодтой Митъыртæм, сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бадтис. Иутæ дзы æргомæй дзырдтой: Мысост дæр Чермен, Болайæ уæлдай нæу хъаруйæ æмæ нын нæхи ныццæгъддзæн, зæгъгæ- Дыккæгтæ дзырдтой: «Ау, ирон лæг куыд хъуа- мæ ауадза ахæм чызг Мысостæн, стæй дзы цæмæй тæр- сут, топпы нæмыг хæхтæ, къæдзæхтæ дæр халы». Митър фыццæгтæм кодта хæрам, дыккæгтæй та уы- дис бузныг. Æмбисæхс^втæм æввахс алыг кодтой хъуыддаг. Бабадын хъæуы сæ размæ æмæ фæсфæдæй амарын хъæуы Мысосты, зæгъгæ. Фыццаг кæрккуасæн- ты Митър бавæрдта сæ бæхыл саргъ æмæ сабыргай, хъæуы йæ куыд ничи базона, афтæ араст йæ масты фæндагыл. Хъæуы бын æм æнхъæлмæ кастысты йæ цыипар æм^балы. Фондз хотыхджын барæджы сæ фæн- даг сарæзтой тархъæды фахсы ’рдæм. 3 Иу æрдузы фæндаг рæгъты ’рдæм кæм схæрд кодта, уым фæсфæд хъузоны æрбадтысты Митър æмæ йе ’мбæлттæ. Æнхъæлмæ кастысты Мысоститы фæзындмæ. Дисса.т у, æвæдза, ацы æрдузы Мысост кæддæриддæр, 229
уæлхохмæ цуаны цæугæйæ, æви сæ зæххы гæппæл кусын- мæ, гъе фæстæмæ цæугæйæ, æнæ баулæфгæ никуы фæ- цис. Æрдузы бæстастæу зад фæтæн къабузджын стыр тулдз бæлас, йæ фарсмæ стыр къæдзæхрæбынæй йæхи- мидæг фыцæгау кодта ирд æмæ уаэал суадон. Иæ фыц- гæ улæнтæ æппæрстой уæлæмæ змисы муртæ. Улæнтæ куыд æмызмæлд кодтой, афтæ уыдон дæр тахтысты дæ- лæмæ-уæлæмæ. Мысост-иу кæддæриддæр бæласы цонгыл æрцауыгъ- та йæ хъримаг. Хызын-иу баппæрста суадоны фарсмæ, йæ армы тъæпæнты дзаг суадопæй иста уазал дон æмæ- иу æй æнæвгъау калдта йæ хидæйдзаг цæсгомыл, стæй- иу йæ куырæты фæччитæй асæрфта йæ цæсгом æмæ-иу æрбадт суадоны фарсмæ. Скодта-иу аходæн, банызта- иу дон æмæ та-иу дарддæр йæ фæндаг адардта. Ацы хатт Мысосты зæрдæ нæ загъта æрдузы баулæ- фын, кæд ын йе ’мбæлттæй .иу бакой кодта, уæддæр. Уæлæ уæлдæр баулæфдзыстæм, зæгъгæ, йын загъта æмæ æрдузы куыд сцæйхæрд кодта, афтæ сыл Митъритæ гæрæхтæй ралæууыдысты. Йæ фарсæй хъама фæцъии- кæнгæйæ, гæрæхты ’рдæм йæхи «анпæрста’ Мысост, йа^ фæстæ та ипнæтæ дæр. Уайтагъддæр йæ цæстытæ аны- дзæвдысты Митърыл. Уый топпæй ныхъхъавыд Мы- состы сæрмæ. Фæцыд гæрах, нæмыг уæлæнгай адавта Мысосты бæрзæйы фыд. Топп ногæй аивтындзын нал бафтыд Митъры къухты: фæранкау ыл, йæхи ныццавта, Мысост æмæ йæ йæ быньг аууæрста. Исдуг ы-н йæ фæтæн хъама фистоны онг йæ фæсонты ныссадзынмæ хъавыд, фæлæ йæ нæ фæндыд тугæйдзаг къухимæ йæ рæсугъд уарзоныл сæмбæлын. Байста йын йæ хæцæнгæрзтæ, сбаста йæ сывæллонау. Мысост æ^æ йе ’мбæлттæ гæрæхты ’рдæм сæхи куы аппæрстой, уæд Митъры æм’бæлттæ лидзынмæ фесты. Уайтагъддæр сæ бæхтыл сæхи баппæрстой æмæ комы фæаууон сты. Мысост æрхаста Аминæты. Митъры худинаг, та ай- хъуьгст æнæхъæн комьтл. Фидиссагæн баззад. Хъæубæс- ты-иу исчи искæмæ куы фæмæсты, уæд та-иу ын фæкод- та, макæ, науæд дын, дунейы ардыстæн, Митъры баст скæндзынæн. 230
Митър нал фæрæзта йæ фидиссаджы номмæ хъусын. Мæстæй тади бонæй-бон тыигдæр. Æппынфæстаг йæхи айста хъæубæстæй. Чидæртæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, Бухармæ фæлыгъди. 4 Ахберды цæстытыл уадысты ноджыдæр йæ ивгъуыд царды нывтæ. Нызмæлыдис дуне. Сыстадысты Уæрæсейы æфхæрд дзыллæтæ, райстой сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ æмæ са- мадтой знæгтимæ карз тох. Атыдтой се ’нусон рæхыстæ. Раппæрстой паддзахы. Ныссастой зæронд цагъайраджы царды æмбыд 1æнах. Октябры революцийы цæхæртæй ныррухс сты Ирыстоны талынг кæмттæ дæр. Фæтар сты сау млазон мигътæ. Сæрттывтой нæ цъити хæхты цъуп- пытæ. Ихайнæг хæхты фæрстыл фæзынд цины цæсты- сыгтæ. Æрбалæууыд уалдзæг, кусæг-зæхкуоджыты амонд- джын уалдзæг. Фыццаг хатт æрхызтч* йæ рагъы гæппæлæй дæлвæз- мæ Къуыппыхъæуы цæрæг мæгуыр Петкæ Хъæздгуыты зæххытæ куы уæрстой хъæубæсты мæ- гуырты ’хсæн, уæд дзы уымæн^дæр дзæбæх хай æрлыг кодтой Аксойы зæххытæй. Петкæйы нæ уырныдта, цæргæ-цæрæнбонты йæ былы цъæрттæ цы амондмæ фæхордта, уый æцæг йæхи цæстæй уыны, уый. Райдианы йæхи тынг сабыр дардта. Ныхас- мæ-иу куы рацыд, уæддæр-иу хъусгæ цы кодта адæмы ныхæстæм, æндæр дзургæ ницы кодта. Æнусты дæргъы фыд дугæй ,цы рыст баййæфтæ, уый тасæй йæ уæны мигъ бадти. Афтæ нæ уыд йæ фырт Мысост. Ууыл ног нард ныс- сагъта уадæмдых цæргæсы базы’ртæ. Йæ цард æнæхъæ- нæй дæр радта ног хъуыддагæн. Уый уыд ног дуг араз- джыты тæккæ æнувыддæр кусджытæй иу. Хъæубæсты кулæкты зæххытæ куы уæрстой, уæд зæх- хытæ сардзинæй барста Мысост йæхæдæг. Уæ,вгææдаснæ уыдис хъæздгуыты ’рдыгæй, уымæ гæсгæ скодта хъæу- бæсты зæрдæдаргæ фæсивæдæй сæрмагонд къорд, ба- хъуаджы сахат змæнтджытæн ныхкъуырд чи радтаид. 231
Канд .сæхи хъæуы бонджынты зæххытæ нæ, фæлæ мæ- гуыртыл уæрста сыхаг хъæуты зæххытæ дæр. Кулæк- тæ дзы федтой се сæфт. Б’анымадтой йæ сæ тæккæ карз- дæр знагыл. Райдыдтой зилын йæ ’фæдыл. Агуырдтой фадат йæ амарынмæ. 5 Петкæ райсомæй раджьг кодта^ къуымзилæнтæ. Æр- каст йæ фæрæты коммæ, цыргъкæнинаг у æви нæ, зæгъ- гæ, федта йæ къæпи дæр. Афтæ йæм каст, цыма азы- хъæд дзæбæх ахæсдзæн æмæбиноныгбакусынхъæудзæн. Скъæтмæ бакаст æмæ федта, йæ фырт сæ бæх Гæрæмы куыд сыгъдæг кодта, уый. «Фæллойуарзаг лæлпу у, кусынæй йæ ницы бафсад- дзæн, фæлæ хуыцау мах тæригъæд фæхæссæд, мах афтæ мæгуырæй чи рафæлдыста», — загъта Петкæ. Афтæ йæм каст, цыма кæд ног дуг, меегуырты за-ман ралæу- уыд, уæддæр йе ’нæсæрæндзинады аххосæй фæстæмæ гæвзыккæй баззад. «Цы мæм ис? — ахъуыды >кодта йæхинымæр. — Аксо- йы зæххæй мын кæй æрлыг кодтой, уый. Уæвгæ мын ба- тайдзæн уый дæр? Аксо не ’мгæрæтты куы нæ уал ауад уæдæй нырмæ, знаджы цæстæй мæм куы кæсы». Мысост фосæн холлаг куы пывæрдта, уæд уынджы ’рдæм аивгъуыдта. Аксо, цыма, уæдæй нырмæ дæр Мысосты ацыдмæ æнхъæлмæ касти, уыйау кæртæй æрбадзырдта: — Гъе, Петкæ, ам дæ, цы? — æмæ дзуапмæ дæр нал фæкаст, бацыд мидæмæ. Исдуг æнæдзургæйæ, алæууыд. Иицы дзырдта Петкæ дæр. Аксо, цыма, Петкæимæ дзу- рын йæ сæрмæ нæ хаста, афтæ зынæй сдзырдта: — Петкæ хъыг дын ма уæд, фæлæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц дæ фырты митæ. Æгæр ын йæ рохтæ суагътай, æмæ уый хорз нæу. Хъæубæсты фыдбылызтæ амидин- гæнæг иууылдæр сси дæ фырт. Æмæ бæргæ уый куыд’ зæгъы, афтæ куы уаид. Фæлæ иууыл афтæ дæр нæ уы- дзæн, нæ, зæгъынц. Тагъд, дам, ацы ног цард æвæрджы- тæм иннæ паддзахадтæ сæ джебогътæ фæцараздзысты æмæ уæд йæхи фыдбылызы æппары. Макæ йын цæуыл- 232
нæ зæгъыс? Æниу ды афтæ ма ’нхъæл æмæ уæм мæ зæх- хы тыххæй фæхæрам дæн. Бауырнæд дæ, мæнæн ма æхсызгон дæр уыди дæуæн æй кæй радтой, демæ мын æнцондæр дзурæи у. Мæхæдæг дæр дын дзы иу чысыл гæппæл рагæй дæттынмæ хъавыдтæн. Уал азы нæм фæ- куьгстой дæ ныййарджытæ, уæдæ дæхæдæг дæр... Фæ- лæ мæ ныр дæ фырт фæрсгæ дæр нал бакодта. Петкæ аныгъуылди арф хъуыдыты. Аксойы ныхæс- тæ афтæ бамбæрста, цыма дунейы уавæр ныртæккæйæ змæстдæр никуы уыд. Банхъæлдта, цыма, ног заман хæцы æрмæстдæр æрдуйыл. Йæ цæстытыл ауадысты ивгъуыд æбуалгъ нывтæ. Шкуройы æфсæдтæ... Бирæгъы фырты балбирæгътæ, хъæубæсты аргъ Рæмонаты Хадзымæт. Йæ сæры хъуын- тæ арц абадтысты. Уыдон æфсад, нæ, хъæддаг сырдтæ уыдысты. Уæхстыл кодтой, мардтой, ауыгътой, ног цард аразджытæй сæ къухы чк æфтыд, уыдоны. Ирыстэны сагсур фæсивæд, Цæголты Георги æмæ цал ахæм ра- загъд гуырды бабын сæ къухæй. Кæд кæронмæ никуы æууæндыд Аксойыл, уæддæр æм ацы хатт раст фæкастысты йæ ныхæстæ: Мысосты ных бакъуырын хъæуы, науæд, дам, дын дæ мæгуыр цард бынтондæр фенад кæндзæн- Йæхиуыл мын исты куы ’рцæуа, уæд хъæубæсты ’хсæн хæдзархæлд фæуы- дзынæн, — тасы бацыд Петкæ. Аннæмæй та разы нал уыд йæ ивгъуыд а^гад æмæ ницæйаг цардæй. — Цæрæнбонты дæллаг галы куыст кæн, зæрдæйы фат макуы сдзур, ма бамбар ^царды ад, фæлæ дæ сау туг кал, кус æхсæвæй-бонæй, дæ фæллой та искæй хъуырмæ цæуæд; нæ, уы,й дæр цард нæу, — ахæм ных- мæлæууæг хъуыдытимæ Петкæ йæхи байста ныхасы ’рдæм. Фæндыд æй бæлвырддæр базонын, цы ног ха- бæрттæ хъуысы, уыдон æцæг сты, æви нæ, зæгъгæ. Изæрæй Мысост нæ фæзынд сæхимæ. — Кæм уыдзæи райсомæй нырмæ æххормагæй? — мæт ыл кодта йæ мад. Петкæ æлхынцъæрфыгæй бадти сæхимæ. Уымæн дæр йæ хъуыдытæ баст уыдысты Мысостимæ. Абон ныхасмæ куы бацыд, уæд дзы æнæгъдау бы- цæугæнгæ баййæфта Микъала æмæ йе ’ххуырст Радиты 233
Дудары. Хъæбæр ныхмæ йæм ныллæууыд Дудар. Уый ныртæккæйы змæст рæстæг нæ, фæлæ раздæр уыд, зæгъ- гæ, уæд ын сау надæй ’йе ’рагъдзарм растыгътаид. Ф&- лæ ныр та йæ масты æхсысти Микъала, æндæр цы йæ бон уыд. — Дæ дзыхыл хæц. цыфæнды мæгуырты паддзахад куы æрцæуа, уæддæр дзы дæумæ никуы ницы æрхау- дзæн, куыд гæвзыкк, æнæсæрæн уыдтæ, афтæмæй баз- зайдзынæ, — бафидис кодта Микъала Дударæн. Петкæйыл, цыма, къæртайы дзаг уазал дон бакалдæ- уыд, афтæ барызта йæ зæрдæ Микъалæйы фæстаг ны- хæстæй «куыд гæвзыкк уыдтæ, афтæмæй баззайдзы- нæ»... Уыдон канд Дудармæ нæ хаудысты, фæлæ Пет- кæйæн йæхимæ дæр. Уый хорз зыдта рагæй-æрæгмæ да.р Дудары хæларзæрдæ, куыстуарзон адæймагæй, фæлæ йæ удуæлдай куыст ницы бæсты >цыд Микъалайæн. Адæй магыл æй нæ нымадта; мæнæ ныры хуызæн, æнæрвæс- сонæй йæм дзырдта æдзух дæр. Исты-иу йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уæд та йын-иу хъуамæ йæ ныййарджыты хурмæ ракалдтаид, йе та-иу ыл хъуамæ лæдзæгæй дæр æрцыдавд. Никуы йын бамбæрзта йæ гом буар, никуы йын бафсæста хæрзад хæринагæй йе ’ххормаг гуыбын. Сæрдæй-зымæгæй цыд искæй скъуыд дарæсы. Раст æм нæ фæкастысты Микъалайы ныхæстæ æмæ йæм цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ уæдмæ Дудар йæхæдæг фæ- раздæр ис: — Цæмæй сæрæндæр уыдтæ ды мæнæй, æдзæсгомæй мын мæ тугвæллой кæй цъырдта, уымæй? — Куыдзы хъыбыл! — уæдæй нырмæ цы маст фем- бырд кодта йæ хуылфы, уый нал бауромгæйæ, фæхъæр <кодта Микъала, — уыцы фæллоигæнагæй цæрæнбонты мæ фæсдуар цæмæн лæзæрдтæ?! — Дæлæмæ ’рхауæд уастæн уæлæ уыцы хуыцау, кæд адон иууылдæр уый галиу митæ сты, æндæра дæм цы ис лæгдзинадæй, кæм фесгуыхтæ? Зыдтон дæ æрмæст* цæрæнбонты цъаммар æмæ мæнгардæй. Æз, мæгуыр уæвгæйæ, дзыллæты куывдтæм цыдтæн нингæнгæ, ды кодтай хъарæг. Лæджы арæхстмæ, лæджы сгуыхтмæ æдзух бæллыдтæн, кодтон ыл ахуыр. Ды нæ уыдтæ аф- тæ. Куы федтай искуы хуыздæр дæхицæй, йе кардæй 234
хъазгæ, йе зондджындæры, йе мулкджындæры, уæд марг æхсысти дæ сау зæрдæйы. Дæ бэн уæвгæйæ, дæ фыр хæлæгæй зæххыл цæрæг дæр нал " ныууагъгаис. Гъе, уымæ гæсгæ æгæр къуындæг нын уыдзæни дуне иумæ цæрынæн. Хурмæ афтæ тынг ракалдта Дудар Микъалайы мæн- гард хъуыддæгтæ æмæ, зæгъгæ, адæм нæ уыдыещ, уæд дзы стыр фыдбылызтæ æрцыдаид, фæлæ йæм Микъала куы багæпп кодта хъамалвæстæй, уæд сæ баиргъæв- той. , Петкæ ныр бады сæхимæ æмæ арф ныхъхъуыды кодта Дудары ныхæстыл. Тьгнг раст æм фæкастысты. Ау, æмæ æииу Микъалайы! хуызæн зьтнæфсис, саузæрдæ, мæигард, хин æмæ кæлæн нæу Аксо. У æнæмæнг. Нэджы дæр фыддæр у. Фæлæ Дудары бæрц хъару кæм хатыд йæхимæ Петкæ. Афтæ йæм каст, цыма, æршмæй нæ зæ- гъид Аксойæн йæ сау митæ. Нæ йæм багæпп кæнид, абон Дудар Микъаламæ куыд багæпп кодта нæмынмæ, афтæ. Нæ, фæлæ Дудар нырма æрыгон у, фæлæ уæд- дæр мæнæй лæгдæр у, — .ахъуыды кодта æппынфæсгаг Петкæ, — лæгау лæг куыд хъуамæ æруадза йæхиуыл цæф, фос куы нæ у, мыййаг, — æмæ йæм Дудар ацы хатт уæлдай кадджындæр фæкаст. — Гъе, хæдзаронтæ, — æрбайхъуыст æттейæ хъæр. Фескъуыдысты Петкæйы хъуыдытæ æмæ æдтæмæ акаст. Чысыл уис йæ къухы, афтæмæй кæрты æрбахи- зæны лæууыд Ахберд. , — Де ’зæр хорз, Петкæ! — Арфæгонд у, мæ хур, -^- дзуапп радта Петкæ æмæ уазæгмæ лæмбынæгдæр бакаст. — гъа, уый Ахберд куы дæ, на’л дæ базыдтон. Петкæ æнæуи дæр бирæ.уарзта Ахберды, тынг сæ- рæн лæппу йæм касти. Уæлдайдæр Мысосты фæстæ куы асхуыста хъæуы лæппутима- хъæдмæ, цæмæй йæ фыд- былызæй бахызтаид, зæгъгæ, уæдæй фæстæмæ та’ йæм хи фырты цæстæй кæсын райдыдта. Æхсызгон-иу ын уыди, Ахберд сæм-иу куы ’рбауад, уæд. Мысостæн ахæм хорз æмæ хъаруджын æмбал кæй ис, уымæ гæсгæ къад- дæр тарст йæ фыртæн фыдбылызæй. Ныры онг дæр1 тынг хæлæрттæ уыдысты Мысост æмæ Ахберд, хъæу- бæсты сæ иу мадызæнæгыл нымадтой. Ног царды рæс- 235
тæджы бынтондæр кæрæдзийæ атонын нал куымдтой. Айфыццаг та семæ æрбакодтой Петкæйы хæдзармæ иу ацæргæ уырыссаг лæджы Петр Семены фырт, зæгъгæ, йæ хуыдтой. Иæ мыггаг та — Сидоров. Иунæг йæ бакас- тæй дæр бæрæг уыд, йæ сæрыл куыройы фыд иæ разылд, уый йедтæмæ æппæт зындзинæдтæ дæр ,кæй бавзæрста. — Областæй нæм иу лæг æрцыд æмæ изæры æмбырд уыдзæн. Мыоост уæллаг сыхы зилы, Дудар — фалла- джы, фæдзæхста мын, цæмæй дын фехъусын кæнои, — затъта Ахберд æмæ ма йæ ныхæстæм афтыдта, — æнæ рацæугæ-иу ма фæу. Изæрæй Пежæ фосæн холладжы муртæ куы бап- пæрста, уæд арасти æмбырдмæ. Фæндагыл баййæфта Аксо æмæ Микъалайы. Уыдон дæр цыдысты æм- бырдмæ. Петкæйы куы федтой, уæд сæ цыд фæсабыр- дæр кодтой, фæурæдтой сæ ныхас дæр. Пешæмæ диссаг фæкаст, адон та кæдæм цæуынц, зæгъгæ. «Диссаг, ног цардæй се сæфт уынынц, афтæ- мæй та сын иу æм>бырд дæр нæ ирвæзы»». Йæ цыд фæ- сабырдæр кодта, цæмæй сæ ма баййæфтаид, уый тых- хæй. Хъæусоветы кæрты дæргъæй-дæргъмæ бадæнтæ уы- дысты кæрæдзийы фæдыл рæнхъæй æвæрд. Разæй, бæ- ласы цур—чысыл стъол, йæ дыууæ кæрон — фæтæгены цырæгътæ нымæг рухс кодтой. Петкæ йæ цæст ахаста адæмыл. Уыдон хицæн къордтæ-къордтæй лæууыдысты æмæ, мыдыбындзыты гуыв-гуывау, хъуыст сæ ныхас. Бирæты сæрмæ дзы тамакойы фæздæг мигъау бадт. Хъæубæсты мæгуыртæй бирæтæ бадтысты раззаг бадæнтыл æмæ хъæлдзæг ныхас кодтой. Се ’хсæн сын базыдта Æхсараты Мысосты. Петкæ сæм йæхи байста. Кæстæртæ фестадысты æмæ йын бынат радтой. Адæмы размæ фæзындысты сæ хъæуы ног хицæут- тæ. Се ’хсæн сын Петкæ базыдта йæ уырыссаг хæлар- зæрдæ Петр Семены фырты. Стыр æхсызгон ын уыд йæ фенд. Зæгъгæ, æфсæрмы нæ кодта, уæд æмбацыдаид, райстаид ын йæ къух, ракодтаид ын зæрдиаг арфæ, кæй сæ нæ ферох кодта, кæй сæ абæрæг кодта. — Хорз адæм, чысыл байхъусæм кæрæдзимæ. Ку- рын æм.æ уе ’ппæт дæр бадгæ скæнут, мæнæ разæй ба- 236
дæнтæ бирæ ис, — хъæубæсты адæмыл азæлыд Мысос- ты ныхас, — нæ абоны æмбырд нымайæм гомыл. Рав- зарын н,æ хъæуы президиум, æмбырдæн разамынд чи кæна, ахæм. Адæм базмæлыдысты сæ мидбынат æмæ райхъуыст иугай ныхæстæ се ’хсæнæй, уæхæдæг равзарут, зæгъгæ. Президиум йæ бынат куы бацахста, уæд Мысост ны- хасы бар радта Петр Семены фыртæн. Уый ращыдис стъолы размæ, адæммæ дзæбæхдæр’ куыд зындаид, афтæ æмæ райдыдта дзурын хъæууонхæдзарады ног цардыуаг саразыны тыххæй. Уазæг æнкъард ахорæн- тæй дæсны сныв кодта мæгуыр гæвзыкк кæй сты иуг’ай хæдзæртты фадæттæ, кæй сын нæ фегъгъæд кæны ку- сæнгарз, кусæг фос, кусæг тых. Кæй кæнынц уæззау куыст, фæлæ уæддæр æвзарынц тыхст бонтæ. Æмбырды адæмæй бирæты цæстытыл ауадысты сæ ивгъуыды тыхст цæрдтытæ. Уыдонæй уыдис Петкæ дæр. Аксо йын и.у зæххы гæппæл радта уæлæ рагъыл, афæдзæй-афæдзм.æ-иу ыл йæ сау ,туг фæкалдта, исгæ та дзы-иу ницы скодта. Ныр кæд хъæздгуыты зæххытæ байстой, уæддæр кусæг фосæй рæвдз не сты. Цы хъуа- мæ бакæна иунæгæй. Уазæджы ныхæстæ фескъуыдтой Петкæйы хъуыдытæ. — Фæллойгæнæг адæмы уарзон ахуыргæнæг Ленины разамындæй, Коммунистон партийы уынаффæмæ гæс- гæ ис нæ мæгуырдзинадæй фервæзыны хос. Нæ хъа- рутæ баиукæыын, нæ кусæг фос баиу кæнын æмæ иумæ кусын. Чысыл цæугæдæттæ иу ранмæ куыд кæлой æмæ уыдонæй фурд куыд æвзæра, афтæ нæ тыхтæ куы баиу кæнæм, уæд уыдонæй дæр равзæрдзæн стыр хъару æмæ ^æхтæ, къæдзæхтæ афæлдахын дæр нæ бон бауыдзæн. Петр Семены фырты ныхæстæ адæмæй бирæтæм раст фæкастысты, кæд хъуыддаг æххæстæй нæма æмбæрстой æмæ сæ фосы баиукæныныл разы нæ уыдысты, уæддæр. Раст фæкастысты докладгæнæджы ныхæстæ Петкæмæ дæр. Адæмы тых къæдзæх дæр халы, ай-ай. Искуы-иу хъæубæстæ зиу куы ракодтой сидзæргæстæй иокæмæн баххуыс кæныны тыххæй, уæд ын-иу иунæг бонмæ йе ’ппæт куыстытæ дæр фесты. «Хицæнтæй æмæ лыстæг хæдзæрттæй иумиаг хæдзарадмæ рахизын у æнæабар- 237
гæ пайдайы хъуыддаг, гæвзыккдзинадæй фервæзыны хос». Уазæг нæ ферох кодта, къласон знæгтæ ныр кæй фæтынгдæр кæндзысты сæ тох, цæмæй ацы ног хъуыд- дагæй мацы рауайа. Кæй кæндзысты алыгъуызоп ха- хуыр ныхæстæ ног цардаразджытыл, ног царды яых- мæ, колхозты ныхмæ. — Мæнæ хорз адæм, цæрæнбонты тухи цард чи код- га, дзыхыдзаг чи нæ бахудти, та^взыкк, мæгуырæй царды уæззау рæхыстæ кæй æвдæрстой, рæстæмбис цæрджы- тæ, уе ’ппæты сæфтмæ дæр бæллынц кулæктæ. Уыдон сты абон нæ карздæр знæгтæ. Ма сын хъусут сæ ха- хуыр ныхæстæм, ма сыл æууæндут, уынут сæ уе сæфт, семæ тох кæнут, фесафын сæ хъæуы, куыд кълас, афтæ, Аздахут уе ’ргом коллективон хæдзарадмæ. Радтут уæ куыстуарзаг къухтæ кæрæдзимæ, афтæмæй размæ, нæ иумиаг стыр хæдзарадмæ, социализм саразынмæ. Фæстийæ чи лæууыдис, уыдонæй иу стыр дур бас- къæрдта Петр Семены фыртыл. Дур нæ сæмбæлд лæ- гыл, фæлæ ф,æтæгены цырагъæн йæ авг лыстæг згъæ- лæнтæ бакодта. Æвиппайды фæталынг. Райхъуыст ны- х^стæ: , «Цæвут ацы цардхалджыты, цалынмæ пыл хуым нæ бакодтой, уæдмæ!» Адæмы ’хсæн сытынг ис над. Бирæтæ лидзынмæ фесты. Ахберд æмæ Мысоститæ стыдтой зæронд кауы михтæ æмæ фæмидæг сты кулæк- ты къорды ’хсæн. Кулæктæ уый ауынгæйæ, лидзæг фес- ты сæ хъузонтимæ. б Аксо бадти йæ хæдзары æлхынцъ æрфыгæй æмæ йæ зынæфсис цæстытæ зæхмæ ныццавта. Æнæ сдзургæ- йæ, йæ цуры лæууыдис йæ фырт Митър. Абон рацыди æртыккаг бон, Аксо йæ дзыхмæ къæбæр дæр куы нал схаста, уæдæй нырмæ. Æмæ ма куыд схæсса. кæд ын йæ цæрæнбонты æххуырст Петкæйы фырт Мысост хъæ- уы фæсивæдимæ йæ фос атæлæт кодта, уыдон, да.м, кол- хозы хъæуынц. Кæд æй йæ диссаджы рæсугъд æттæгуæ- лæ хæдзарæй федте кодта, ам, дам, хъуа,мæ скъола ба- кæнæм фæллойгæнджыты цотæн. Цы ма у йæ цард, ка^д ;'|æ зæронд афтæ хынджылæггагмæ æрхаудта, уæд. 238
— Лæппу, — мæстджынæй сдзырдта йæ фыртмæ, — бирæ ма гобийæ бадынмæ хъавыс, æви дæм худинаг нал хъары. Петкæйы фырт мын мæ урс сæрæй куы ф.*1.- хынджылæг кодта, у,æд цы ми кæныс? Æви мæхæдæг райсон зæронд ’рдæм гæрзтæ? Зонын, хъаруджын у. Лæгæй-лæгмæ йын ницы ба- кæндзынæ, аскъуыдтæ дæ кæндзæн, кæрдæджы халау. Фæлæ худ куы дарыс, гормон, худ, лæг дæ куы хонынц адæм. Таппы нæмыг цъæх айнæг къæдзæхы дæр халы. Иу нæмыг йедтæмæ ма йын хъæуы фæсфæдæн. Цæугæ мæ разæй æмæ исты уынаффæ бакæн. Митър йæ фыды цурæй куы рацыд, уæд æмбисæх- сæвтæм йæ хуыссæны рафт-бафт фæкодта хъæлайы хуызæн. Цы хъуыдытæ уади йæ сæры, уыдон бæлвырд нæ хатыд. Куы бафæллад тар хъуыдытæй, уæд æрфы- нæй. Цыма уыд диссаджы рæсугъд бон. Мæргътæ алы- гъуызон хъæлæсæй «одтой цъæхснаг цъыбар-цъыбур. Фæтынгдæр дæтты зард. Ахæм диссаджы бон иу стыр дур рæбын æрбадти Митър йе ’мбæлттимæ æмæ цæмæ- дæр æнхъæлмæ касти- Фæлæ цæмæ, уый бæлвырдæй нæ зыдта. Æвиппайды ауыдта æрдузы æрбацæйцæугæ Мысосты. Йæ рæсугъд хъуыдытæ æр-батар сты, фев- цæлдта йæ уæрджытыл æвæрд топмæ. Ныхъхъавыд топ- пы кæсæнæй. Фæцыд гæрах... Фæлæ нæ амардта йе знаджы, уый йæм хъамалвæстæй æрбацæйтахт. Цы- ма йын фæтæн хъама йæ фæсонты фистоны онг ныс- сагъта, фæдисы богъ ма ньшкодта Митър. Фехъал фырадæргæй. Исдуг йæ зæрдæйы гуыпп-гуьшп нæ са- быр кодта, фыртæсæй рызтысты йæхимидæг йæ уæнгтæ дæр. , Цы ма у мæ цард? — ныхъхъуыды кодта Митър. — Æдасæй хуысгæ дæр чи нал кæны. Хъæубæстæн фидис- сагæн чи баззад. Иæ зæрдыл та æрбалæууыд Хетæджы уастырджийы бон, бæхæй куыд асхъиудта, куыд фæхудинаг, уый. Йæ- хицæй фылдæр кæй уарзта, уыцы Аминæтæй æнæхай фæци, уый дæр бацис Мысосты амонд. Æппынфæстаг, нæ фос нын атардта, нæ хæдзарæй нæ расырдта. — Уып ма цард у? Нæ, уый цард нæу. Ахæм æгады цар- дæн кæрон окæнын хъæуы, — стæрхон кодта Митър. 239
Раст æм фæкастысты йæ фыд Аксойы уайдзæфтæ. Ис- дуг ахъуыды кодта абырджытимæ йæхи сбæттын. Тынг хорз æм фæкаст йæ фæндон, фæлæ ма дызæрдьгг кодта цæрæнбонты хæтгæ цардыл. Стæй ууыл дæр сразы. Æрæджы сæм æргомæй фæзынди иу абырæг, куыд дзырдта, афтæмæй ныр æртæ азы дæргъы цы хъæд, цы ком нæ басгæрста, ахæм ын нал уыд. Кодта Митъры йемæ, фæлæ йын не сразы уæд, Ныр æм фæсмон æрцыд, кæй нæ ацыд, уый тыххæй. . Сыстад, скодта йæ дарæс, райста йæ хæцæнгæрзтæ æмæ кæртмæ рахызт. Уыдаид фæсæмбисæхсæв. Арвыл иу мигъы къуымбил дæр нæ зынд. Стъалытæ кодтой уæлдай æрттывд. Уазал уддзæф ыл куы сæмбæлд, уæд барызт йæ буар, цæйдæр тæссаг хъуыдытæ йын ньщ- цавтой йæ зæрдæ, нал ахаста æхсæвы цунæгæй йæ ныфс æмæ баздæхти фæстæмæ сæхимæ. 7 Сæрд йæ тæккæ тæмæнмæ куы бацыд, уæд Фарны- хъæуы .колхозæн станицæйы совхоз æххуысæн æрбар- выста мæнæугæрдæн машинæ. Машинæйы æнтыстджын куыст уынгæйæ, колхозонты цинæн кæрон нал уыд. Ахберд Мысостмæ йæхи æввахсдæр байста æмæ йын загъта: — Ахæм машинæ нæхи колхозмæ куы уаид. — Мæнмæ афтæ кæсы: æрцæудзæн ахæм афон дæр æмæ нæм уыдзæн, канд машинæтæ æмæ трактортæ нæ, фæлæ æппæт дæр. — Гъæй, джиди, уымæй амондджындæр хъуыддаг ма уаид, — хæлæггæнæгау, сдзырдта Ахберд. Æрбафснайдтой колхозон адæм сæ иумиаг хор. Куы йæ федтой кæритæ амадæй, уæд бирæты уырнгæ дæр нæ кодта, уый иууылдæр сæхи у, уый. Фынфенæгау сæм каст. Бирæтæ æппæлыдысты сæхицæй: нæ зæрдиаг фæллой искæй хъуырмæ нæ цæудзæн ныр, " фæлæ дзы нæхæдæг куывдтæ æмæ бæрæгбонтæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы стыр цин. Колхоз куыддæр ахицæн кодта паддзахадон хæс æмæ бавна- лынмæ хъавыди фæллойбонтæн хор радтынмæ, афтæ 240
«сын иу æхсæвыгон чидæр сæ хоры гонтыл арт бан- дзæрста. " Уыцы хабар та уыдис уæвгæ афтæ: Иу райсом раджы Петкæтæм ’чидæр бахъæр кодта: — Гъе, Мььсост, ам нæ дæ, цы? Мæнæ дæн, зæгъгæ, йæм адзырдта Мысостдæрæмæ пæ размæ рауад. Бахъæргæнæг уыд уæлæсыхаг лæппу. — Ахберд дæм хъæуы сæр æнхъæлмæ кæсы. Фæ- дзæхста, чи зоны, иокуы, дам, афæстиат уæм, рæвдзæй, дам-иу рацу. Мысост йæ нывæрзæнæй дамбаца систа æмæ йæ ны- вæрдта йæ дзыппы. К/ьулыл фæкомкоммæ йæ бинойнаг Аминæты къаммæ. Цыма йын хæрзбон зæгъынмæ хъа- выди-с, уый каст æм бакодта. Къуыри сæхимæ нæма уыд Аминæт. Ис йæ цæгаты, йæ фыд Тæтæрхъаны йын уæззау низ æрхуыссын кодта æмæ уый уæлхъус бады. Бон’ цухæп йæ бæрæг кæны Мысост дæр æмæ бон фыд- дæр .цы кæны, уый йедтæмæ ницы. Мысост араст хъæуы сæры ’рдæм. Тæккæ Микъала- йы куыройы цур ахсджиаг ныхасгæнгæ баййæфта Ах- берд æмæ иу æнахуыр уазæджы. Куы бацыд, уæд сын салам радта, стæй базонгæ сты. Цæвиттон хъуыддагæн, уазæг йæхи схуыдта Комрæбын хъæуæй, йæ ном Хъы- зылбег, зæгъгæ. Куыд бам>барын кодта, афтæмæй сæ хъæумæ фæстаг рæстæджы арæх зынын байдыдтой Ак- со, Микъала, ныр та Митър дæр. Цыма дыууæ хъæуы кулаёктæ сæхи сбастой æмæ иумæ сæхи рæвдз кæныиц хæцæнгæрзтæй, афтæ мæм кæсы. Уымæ гæсгæ мæн фæн- ды, цæмæй -уыцы тæссаг тых афоныл ныссæттæм æмæ сын сæ хæцæнгæрзтæ байсæм. Мысосты зæрдæмæ тынг фæцыдис уазæджы фæндон Хъуамæ кулæктæн сæ сæр сдарыны бар макуы бауа- дзæм, зæгъгæ, науæд сæ маргæйдзаг æвзæгтæй хъæстæ кæндзьпсты. Æмæ йæ фæндон æргомæй загъта: — Ныххурх сæ хъæуы, цалынмæ нын нæхи нæ ных- хурх :кодтой, уæдмæ. Сæ ахстон сын зоныс? — бафарс- та уазæджы Мысост. — Кулак Тазреты хæдзары, — дзуапп радта уазæг. — Мæнмæ гæсгæ бонæй уырдæм цæуын рæдыд 16* 241
хъуыддаг у, фæлтау сæ бабæрæг кæнæм æхсæвыгон. Æрмæст дæ адæм цæттæ дар, æнхъæлмæ нæм кæсут, — хæрзбон загътой уазæгæн æмæ фæхицæн сты. — Ахберд, азилæм хъæуыл æмæ не ’мгæрттæн бам- барын кæнæм хъуыддаг, — загъта Мысост æмæ уыдон дæр фæхицæн сты. Раст, Мысост сыхаг хъæумæ цы изæр ацыд, уыцы изæр сæхи хъæуы, стæй йæ хæдзары æрдыд стыр æна- м-онд хабæрттæ: Цæвиттон хъуыддагæн, абырджытæ барæй æрбар- выстой Сечъынайы фырты. Митър хорз зыдта Мысосты зæрдæйы уаг. Æндæр исты æфсонæй йæ хон сыхаг хъæумæ, уæд кæнæ соазы уыдаид, кæнæ нæ. Уымæ гæс- гæ кулæктæ сæхи хотыхджын кæнынц, зæгъгæ, уыцы хабар дæр Митър æрхъуыды кодта. Уæвгæ сæ фæнд та уыд афтæ: абырджытæ фæуыдзысты дыууæ дихы. Фæн- дагыл бабаддзысты сæ иутæ Мысоститы размæ. Æн- хъæл уыдысты Мысоститæ фæзындзысты иу æртæ, цып- парæй æмæ сæ амардзыстæм. Иннæ къорд та Митъри- мæ бабырсдзæн Мысосты хæдзармæ æмæ Аминæты ты- хæй рахæсдзысты, зæгъгæ. Фæлæ Мысоститæ æгæр би- рæ куы уыдысты, уæд абырджытæ сæхи бафæофæд код- тсй. Митъритæ бабырстой Петкæты хæдзармæ æмæ Ами- нæты уым куынæ баййæфтой, уæд йæ маст акалдта Мысосты нььййарджытыл, сæргæвстой сæ сæ хуыссæн уаты. Мысосты æм-бæлттæй чидæр быдырты ’рдæм куыд фæкаст, афтæ фæдисы хъæр ныккодта: — Фæдис! фæдис, нæ мæнæутæ судзынц!!!» Мььсост æмæ Ахберд иннæ барджытимæ фæдис- гъуызæй фæстæмæ фæзылдтой сæ бæхтæ æмæ гæпду- гъæй тахтысты сæ быдыртæм. Мæнæутыл арт . сæн- дзæрстой æртæ ’рдыгæй. — Рæвдздæр, æ(ртæ дихы! — æмæ дарддæр ранмæ фæцарæзта йæ бæх Мысост, йæ фæстæ та ’цалдæр æм- балы. Дьиккаг къорды разæй тахт Ахберды бæх, æр- тыккæгтимæ уыд Дудар. Хъæуы адæм дæр бирæ фæстæдæр нæ баззадысты Мысоститæй, уайтагъддæр быдыры бамидæгысты. Æр- 242
тытæ сыгъдысты сабырæй. Колхозы амондæн уддзæфы хъæстæ никуыцæй зынд. Мысост æргæпп кодта бæхæй, мæнæу кæм сыгъд, уыцы ран. Уый уыдис кæддæр Аксойы зæхх. Æвиппай- ды фæцыд топпы гæрæхтæ. Мысост арсы богъ фæкодта., фæлæ хауын нæ куымдта. Знæгтæн дыууæ сæ бæхтыл багæпп кодтой æмæ æхсæвы тары фæаууонысты. Æр- тыккаг æм æрбацæптахт хъамалвæстæй. Мысост æй ацахста. Стыр тулдз бæлас йæ рæбынты куыд акалай æмæ уый æдых бæласы куыд æрыосæнды йæ уæзæй, афтæ, кæуыл фæхæст, уый йе стыр буары бын аф- сæрста, нал æй суагъта, ныххурх æй кодта. йæ фæстæ чи тахт, уыдон дæр æм бахæццæ сты, фæ- лæ æгæр барæджы кодтой. Мысост мæцыд йæ туджы, йæ дом’бай къухты йын хурхгондæй ссардтой Митъры. Мысосты æвæстиатæй аластой горæтмæ. Уым æхсæвæй- бонæй йæ фарсмæ цæрдудæй тадис Аминæт. йæ чысыл сабитæ та уыдысты Ахбердтæм. Мысосты æрвыл бон дæр бæрæг кодтой йе ’мбæлттæ, фæлæ уый фондз боны дæргъы йæхи не ’рæмбæрста. Аминæты æвджид баззад хæдзар. Сидзæр каст код- той йе ’нахъом дыууæ сывæллоны — Сандр æмæ Азау. Æгæр бирæ уыдысты, Аминæт йæ цыбыр царды рæстæг цы мæстытæ бавзæрста, уыдон. Æхсæв бон нæ хынцгæйæ, йæ уд хъардта хæдзары хъуыддæгтыл, ар- хайдта, цæмæй йæ рьшчыны дæр афоныл бæрæг кæна æмæ йæсабитæдæр искæй æвджид ма баззайой. Уыцы тыхст рæстæджы йæм ноджы æнгомдæр æрбалæууы- дысты йæ лæджы хæлæрттæ Ахберд æмæ Дудар. Лæ- вæрдтой йын ныфсытæ, кодтой йын удуæлдай æххуыс. Нйкуы йæ ныууагътой æнæ суг, йæ цæхæрадоны куыс- ты йын æххуыс кодтой. Райдианы кæд хорæфсæст ни- куы уыдцс Ахберд йæхæдæг дæр, уæддæр-иу уыдн»: ахæм рæстæг æмæ-иу йæхи сывæллæтты дзыхæй атыд- га \ъæбæр æмæ-иу æй Аминæты сывæллæттæн радга. уыдон мæгуырдæр сты, фæкæсинагдæр. Сæ мад уæл- хъæ^æп бахус йæ рынчыиы мæтæй æмæ кæм цы са- мал ^æьгдзæн, зæгъгæ. 243
Аминæт рæстæг æнæхынцгæйæ, архайдта, пæ сывæл- лæттæ цæмæй къæбæр хъаджджын ма баййафой ууыл. Зымаджы даргъ æхсæвтæ сын цыбырдæр кодта йæ б\\- рæ рæсугъд аргъæуттæй. Мæнæ ацы æхсæв дæр арт куы’бакодта, фæйнæ къæбæры муры куы радта йæ сы- вæллæттæн, уæд та йæм Сандыр æруырдыг иу аргъау та нын ракæн, зæгъгæ. Ацы бон кæд уæлдай фæллад- дæр уыдис Аминæт, уæддæр æй йæ сывæллæтты хъы- джы бацæуын нæ фæндыд. Сывæллæттæ сабыр хъуыс- той сæ мадмæ. Æмбисмæ дæр нæма фæцис аргъау, афтæ афынæй сты. Афтæ æрвыста Аминæт нæ сывæл- лæттимæ йæ ббнтæ. Иухатт куы уыд, уæд та йæм районæй чидæр æр- цыд. Фæфæрстытæ йæ кодта, куыд цæрынц, уымæй, стæй йын йæ лæджы документтæ дæр æрцагуырдта. Бирæ сæм фæракæс-бакæс кодта, цыдæртæ ныффыста йæхимæ дæр, стæй сын хæрзбон загъта æмæ ацыди. Аминæт бæлвырд ницы базыдта, цæй фæдыл, цæмæн æрцыдис æнæзонгæ лæг районæй, уымæн. Скодта уазал зымæг. Ралæууыдысты тæккæ хъызт- дæр бонтæ. Иу суджы къæцæл дæр нал уыд Аминæты кæрты. Сандр æмæ Азау пецы нымæг артмæ, æргъæвст цъиуты хуызæн, бадтысты. Гъенырæй тынгдæр сыл, æвæццæгæн, сæ мæгуырдзинад никуы фæзынд. Аминæт сæм бакаст зæрдæрыстæй, стæй та йæдæст ахаста гом рудзынгæй арвыл. Æнæбын къæртайау, калдта арв урс пирæнгæнттæй мит. Аминæт рацыд æттæмæ æмæ йæ дæхæрадоны кауæй æрцъæл кæнынмæ хъавыд иу æртваг. Иу, дыууæ къæцæлы дзы куы расаста, афтæ байгом сæ кулду^ар æмæ сарамæ лæгуæрдон батылдта Ахберд, йæ тæккæ дзаг саст сугæй, афтæмæй. Кæд дыууæ хæдзары кæрæдзимæ афтæ дард нæ уы- дысты, уæддæр Ахберд митæй нал зынд. Аминæт кауы къæцæлтæ феппæрста æмæ Ахберды миттæ цæгъдыныл фæцис. — Дæхи ма хуылыдз кæн, Аминæт, — цыма, сугтæ йын афоныл кæй не ’рбаласта, уый тыххæй дзы хатыр ку&рдта, уыйау æм цавæрдæр рæвдаугæ хъæлæсæй 244
сдзырдта, — фæлтау мын цъылын радав æмæ сæ мæ- хæдæг æрцæгъддзынæн. — Ахберд, афтæ дæ æфсæрмы кæнын, афтæ, уыйбæрц хæсджын дæ фæдæн æмæ дььн дæ хорздзинæдтæ уæ- лæуыл нæ, фæлæ мæрдты дæр бафидын нæ бафæраз- дзынæн: Ахберд уæрдоны гуыффæйы ,иу къуыммæ нывнæлд- та æмæ дзы иу чысыл хызын систа. — Уый та не ’фсин сывæллæттæн рарвыста, — хы- зын Аминæтмæ бадаргъкæнгæйæ, загъта Ахберд. — Ох, тæхуды, амæл, — æрбатыхст бынтондæр Аминæт, — гормон, уæхимæ дæр куы ницы ис, уæд уый та куыд? — Айс, айс, адæм кæрæдзийы руаджы цæрынц, тæрсгæ ма кæн, Аминæт, Мысост дæр дзæбæхдæр у, знон æм уыдтæн, дохтыр мын загъта, ныр, дам, ын ма- уал тæрсут. Стыр фидар буары хицау, дам, разынд, æнхъæл, дам, нал уыдтæн æмæ ма фервæза. — Ницы фæдзæхста? — Фæдзæхста, сывæллæтты мæт, дам, фылдæр кæн, ма, дам, суазал уæнт. — Гъемæ дын æз дæр æнæхъæн уæрдон бæргæ æр- бацæйластон суг, фæлæ сæлæф мит тынг балæхъир кодта фæндаг æмæ мæ уæрдон уæртæ тæккæ фæзилæ- ны æлыджы нынныхсти, нал æй æрбафæрæзта бæх. Райсомы сæлдыл æм бауайдзынæн æмæ йæ ’рбаппар- ’дзцнæн. Аминæт фыр тыхстæй йæхицæн бынат нал ардта. Цы загътаид, уый дæр нæ зыдта. . Зæгъгæ, Ахбердæй æфсæрмы нæ кодта, уæд æй ныхъхъæбыс кодтаид æмæ йын йæ бон цас уыд, уыйбæрц хъæрæй загътаид: в— Ды дæ мæнæн тæккæ зынаргъдæр æмæ уарзон- дæр æфсымæр дунейыл. Ахберд сарайы иу къуымы кæрæдзийыл рæсугъд са- мадта лыг сугтæ. Иу стыр хъæбыс та дзы мидæмæ ба- хаста уатмæ. Бандзæрста жест пецы æмæ чысыл фæс- тæдæр йæ фæрстæ сырх зынг фестадысты. Аминæт йæ сывæллæттæн авæрдта фæйнæ цыхты хъæртты, æрсæстытæ сын кодта нартхоры кæрдзыи дæр. Радта сын фæйнæ иу фæткъуыйы Ахберды хуынæй. 245
Æртдзых æмæ хæрдгъуыз бинонты æнгæс уайтагъддæр фæбæрæг. Цæхæркалгæ пецы тæвд уайтагъддæр фет- тæдуар кодта хæдзары æнкъард æнгасы. — О, фæлæ ма Сандырæн мæ дзьшпы ис цыдæр. Лæппу уайтагъддæр æрзылди Ахберды дзылпытыл æмæ дзы иуы йæ къух арфдæр фæсадзгæйæ, сдзырдта: — О, о, .мæнæн цæкуыйаг, Азау, дæуæнта нæ, — æмæ даргъ нартхор сласта Ахберды дзыппæй. Сывæл- лæттæ тынг бацин кодтой. Раст сæм уыцы афон æрбахостæуыд дуар. — Мидæмæ, — дуар байгомкæнгæйæ, загъта Ами- яæт. Ирон басыллыхъхъы, йæ миттæ æххæстæй нæ ацæгъдгæйæ, уатмæ бахызт, кæддæр сæм раГюнæй цы лæт фæзынд, уый. — Ай... Мысосты хæдзар у? — бафарста уазæг. — Нæ фæрæдыдтæ, — дзуапп ын радта Ахберд. — зонгæ уыдзыстæм. — Сырхауты Ахберд. — Садуллæ! Æз ма уæм кæддæр уыдтæн, — Ами- нæты ’рдæм бакæсгæйæ, йæхи бацамыдта уазæг. — Æз дæ уайтагъддæр базыдтон, — сабыргай адзырдта Аминæт. — Бахатыр кæнут, дæлæ хъæуы бын æгæр афæстиат дæн, уый йедтæмæ уæм раздæр æрбацыдаип, — йæ ныхас дарддæр кодта Садуллæ æмæ йæ дзыпмæ ныв- нæлдта. — Мæнæ дын æрмæджы æхца дыууæ мин со- мы, мæнæ дын уый та чиныг. Нырæй фæстæмæ Мысос- ты тыххæй æрвыл мæй дæр исдзынæ паддзахадæй пен- си. Мæнæ уым та дæ къухавæр, — бадаргъ ’кодта Ами- нæтмæ къарандас æмæ цавæрдæр гæххæтт. — Мысос- тæн йæхи дæр фарстой æмæ бафæдзæхста, цæмæй, дам, æхцатæ ме ’фсиныл сæм<бæлой, сывæллæттимæ, дам, тухæпæй амард, мæгуыр. Мысосты коймæ æрбауынгæг Аминæты зæрдæ æмæ пæ цæстытæ доны разылдта. Куыддæр батыхсæгау код- та йæхимидæг Ахберд дæр. Æрæджиау - Аминæт сдзырдта: — Нæ зонын мæ къух æвæрып, æнахуыргонд дæн. — Ды та? — афарста Ахберды. — Æз дæр! — зынæй сдзырдта Ахберд æмæ йæм 246
стыр хардзау æркаст, афтæ талынг кæй у, ахæм стыр хъуыддаджы гæххæттыл йæ къух æрæвæрын кæй нæ зоны, уый. — Цæй, закъон нæ уадзы, фæлæ дæу тыххæй мæхи- мæ исын зындзинад, — хъæлдзæгæй загъта Садуллæ æмæ гæххæттыл тагъд-тагъд цыдæр афыста. — Цæй, ныр та уал хорзæй баззайут! — фестад йæ бынатæй Садуллæ. —■ Мæгуыры бонтæ, уый та куыд, фæлæу иу чысыл, куыдæй цæуыс. — Бузныг, стыр бузныг, мæ хойы хай, алы бон дæр афтæ куы уа, уæд æвзæр нæу. Хъæуы бынæй тынг рæв- дзæй цæуын. — Хæрзæхсæвтæ сын загъта, сæ къухтæ сын райста æмæ фæцæуæг. Ахберд æмæ йæ Аминæт ра- хæццæ кодтой дуары онг. Мит уарын фæсабырдæр, фæлæ дзæвгар æрæхгæдта. — Цæй, æз дæр нæхимæ фæцæуон хæрзæггурæг, — загъта Ахберд Аминæтæн æмæ араст сæхимæ. Цавæрдæр æнтъыснæг хъуыдытæ Аминæты зæр- дæмæ бахъуызыдысты, афтæмæГпкасти Ахберды фæстæ. Иу сабатбон раисомæп фарныхъæуккæгтæй чидæртæ сæхи рæвдз кодтой фæндагмæ, фæндыд сæ хуыцаубо- ны горæты стыр базармæ бахауын, уæд, дам, алцы дæр ’ асламдæр вæпйы, — дзырдтой бирæтæ. Бæлццæттæй иутæ цыдысты "саргъы бæхтыл, аннæтæ — уæрдоныл, чи та — фистæгæй. Аминæт дæр йæхи рæвдз кодта ба- зармæ. йæ зæрдæ дардта, хор куы балхæна, уæд æй хъæуккæгтæй исчи кæй авæрдзæн йæ уæрдоныл. Стæп, чи зоны, хъуг балхæнын дæр йæ къухы бафта. Бабæрæг кодта Ахберды. уый дæр цæуы, æви пæ, зæгъгæ. Фæлæ йæ сæхимæ нæ ныййæфта. Иу чысыл асагъæс кодта, æнæ Ахберд, гъе, Дудар пæхæдæг цæй хъуг балхæн- дзæни, зæгътæ, æмæ рахъавыд ныллæууын, фæлæ ан-- нæмæп та ахъуыды кодта, уæрдонджынтæ арæх нæ фæ- _цæуы горæтмæ, фæндаг у-даргъ æмæ зын. Горæтмæ куы бацыд, уæд æппæты раздæр абæрæпкод- та йæ рынчыны. Бамбарын ын кодта, хор хъуаг кæй 247
сты, стæй цалынмæ æхца ис, уæдмæ хъуг балосæнæм æмæ дæу дæр нæхимæ аласон, зæгъгæ. — Хъуг балхæнын хорз у, фæлæ мæнæн нырма æгæр стыр сты мæ хъæдгæмттæ. Иу минут мæ дохтыр- тæ цух нæ уадзынц. Гыццыл ма бахъæуа мæ къах мын алыг кæной. Зæнджы стæг тынг хъыгдард у. Ныр мын ницы уал у, фæлæ мæ зæрдæ тынг æхсайы нæхимæ. Куыд сты сывæллæттæ? Цы ми кæны колхоз? — Колхоз Дудары æвджид у æмæ йæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Сывæллæттæн дæр истытæ <кæндзыстæм. Фæлæ дæхæдæг, дæхæдæг. Дæумæ кæсын хъæуы æмæ сывæллæтты та цы... — йæ цæстытæ доны разылдта Аминæт — Мæнмæ ам хорз зилынц, фæлæ сабитæм фæкæс. Ныр та иугæр базар кæнæм, уæд афоныл ацу. Райсо- мы базар хайырдæр у-. Аминæтæн йæ цæстытæ доны азылдыстЫ, афтæмæй сыстад æмæ рацыд. Горæты базары къух бакæнæп нæ уыд адæмæй. Аминæт хъæуккæгтæй иуимæ базылдысты хор*ты- ’рдæм. Рæнхъæй лæууыдысты голджытæ, згъæлд хор æмæ ссадæй.сæ тæккæ дзæгтæй, афтæмæй. Æлхæнджытæй- иу бирæтæ армыдзаг хоры гагатæ систа йæ къухмæ, бацагъта-иу сæ, бафу сыл-иу кодта, нартхоры æртху- тæг сæ бир’æ ис, æви нæ, зæгъгæ, стæй-иу сæ фæстæмæ голлагыл æппарæгау æркодта, ногæй та дзы иу гага хъуамæ систаид æмæ йæ раззаг дæндæгтæй ахауын кодтаид, кæд сæртæг къæрцц фæкодтаид, уæд хорзг умæл æмæ уæззау нæу, фæлæ у хус æмæ рог, бæззы бал- хæнынæн. Аминæт дæр балхæдта дыууæ голладжы. Йæ хъæуккаг ын сæ уæрдæтты цурмæ радгай бахаста æмæ йын сæ уым æрæвæрдта. Уый фæстæ та бацыдысты фо- сы базармæ. Ам дæр педзаг уыд, куыд стур фос. афтæ лыстæгкъах фюсæй. Райдап: галæй, бæхæй æм^р суанг бæдул карчы онг, цынæ дзы_ уыди уæййаг, ахæм нæ уыд. Иутæ дзы æлхæдтой кусæрттæгтæ фыстæ, хуыокъ стур фос æмæ сæ æвзæрстон нардæй, аннæтæ æлхæдтой дуцг^е хъуццытæ, уыдон та сын кастысты сæ фæздæттæм, се ’хсыры хъæдмæ, сæ дæндæгтæм. Балхæдта Ампнæт 248
Комгæроны хъæуккаг Сечъынаты Тотырадзæй дуцгæ хъуг æмæ сæ хъæуккæгтимæ фæстæмæ раздæхт сæхимæ- Ахберд хъуджы куы федта, уæд дзы тынг раппæлы- ди, федта йын йæ дæндæгтæ дæр æмæ загъта Аминæ- тæн, æртæзæдтон йедтæмæ кæй нæу, уый. Уæвгæ Ами- нæты зæрдæ æхсайдта, хъуг æгæр зынаргъæй кæй бал- хæдта, уымæ, фæлæ ууыл дæр фæсмон нæ кæны, æхца донæй уæлдай нæу, кæуылты атæхы адæймаджы къу- хæй, уый бæрæг нæ вæййы. Дуцгæ хъуг та хæдзары æм’бис у. Аминæт-иу хъугдуцынмæ куы рахаста .къæр- та, уæд-иу æм Азау дæр разгъордта уатæй, каст-иу йæ мадмæ, цингæнгæйæ, æмæ уыдта хъуджы фæдджытæй къæртамæ куыд тахт цыхцырджытау, æхсыры суадæт- тæ, фынк калгæ; Сандр та-иу хъуджы раз авæрдтаид нартхоры хъæллæгътæ, кæнæ хо~ы бындзыг. Хъуг са- быр, æрмахуыр уыд. Сандыр-иу ын йæ сьгкъатæм куы бавнæлдта, уæд-иу йæ хъустæ цы базмæлын кодта, æн- дæр цæвгæ нæ кодта. Фæлæ бирæ нæ ахаста Амина æмæ йæ сывæллæтты цин. Раст дыккаг къуырииы рай- дианы æмбисæхсæвты басастæуыд Аминæты уаты дуар. Аминæт ма бæргæ фæгæпп кодта, фæлæ фыртæс- сæй йæ хурхы уадындзтæ ахгæдтой æмæ хъæркæнын нæ бафæрæзта. Иæ разы лæууыд бæрзондгомау адæй- маг, йæ сæр басыллыхъхъы тыхтæй æмæ йæм, дамбаца даргæйæ, ныртхъирæн кодта: — Хъыпп-сьшп дæр куы скæнай,- уæд дæ агæрах кæндзынæн. Нæмыг цас тыхджын у, уымæн та æвдисæн у-дæ лæдж,ы хабар, фæлæ хъус дарддæр:.ме ’мбæлттæ дын ныртæккæ фæтæрынц дæ хъуджы æмæ йæ ныр- гæвддзысты хъæуы бын. Мысостæй цы кæлмытæ рав- зæрд, уыдон хъуамæ ма цымой æхсыр, фæлæ уæлхъæ- дæй хус кæной. Мад куы фестад, уæд сывæллæттæ дæр фехъал сты, фæлæ æнахуыр адæймаджы дæрзæг ныхæстæ куы фе- хъуыстой, уæд фыртæссæй хъæццулы быны арфдæр аны- гъуылдысты æмæ йæм уырдыгæй хъуыстой. Хъуджы æргæвддзысты, зæгъгæ, куы фехъуыстой, уæд сæ чысыл зæрдæтæ æрбауынгæг сты. Азау йæхи нал баурæдта æмæ сусæг хæкъуырцц райдыдта. Дисы бафтыд Сандыр, йæ цæсты хъæбатыр, 249
ныфсджын чи уыд, йæ уыцы мад куыд æнæдзургæйæ лæууыд саузæрдæ лæджы раз, куыд нæ йын акалы алы выд, куыд !сын уадзы хъуг æргæвдын. Аминæт тызмæгæй бафарста: — Чи дæ, цы дæ хъæуы мæнæй? —■ Чи дæн, уый зонынмæ нырма раджы у, фæлæ мæнæ ацы кæлмытæ куы схъомыл уой, — ацамыдта йæ къухæй сывæллæтты ’рдæм, — æмæ дын сæ дæ цæс- ты раз дæ хуыссæпы куы аргæвдон, уæд æй базон- дзынæ. Æттæуæзæй æрбайхъуйст æхситт. — Бонмæ æттæмæ куы ракæсай, кæнæ фæдис куы сыстын кæнай, уæд дæ æд сывæллæттæ хъæмпын арты басудздзынæн, — ныртхъирæн кодта «уазæг» Аминæт- мæ. Йæхæдæг ахызт æттæмæ æмæ сыл сæхгæдта дуар. Чьюыл |фæстæдæр æрбайхъуыстбæхы къæхты хъæр æмæ уайтагъддæр æрбайсæфт. Аминæт рахъавыд фæ- дисы хъæр ныккæнын, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, мий- йаг фæдисæттæ æмæ хуыснæджыты ’хсæн куы рауайа хæрт, хъæубæстæй исчи куы фæмард уа, уæд цæрæн- бонты азымджын йæхи хондзæн. йæ цæстытыл ауа- дысты Ахберд æмæ Дудар фæдисæтты разæй куыд тæх- дзысты, ныртæккæ чысыл раздæр йæ разы дамбацаи- мæ цы хуыснæг лæууыд, уьгй сæм фæсаууонæй куыд ныхъхъавыд, куыд сæ фехста. — Амардтой йæ! — адæргæй схъæр кодта Аминæт. Сывæллæттæ скуыдтой. Сывæллæтты хъæрмæ æрбатар сты мады тæссаг хъуыдытæ. — Ма тæрсут, уæ нывонд фæуон, — æрбакодта йæ сывæллæтты йæ хъæбысы. Азау æмæ Сандыр сæхи æрныгъуылдтой мады хъæ- бысы æмæ æмбæрстой сæ мады цæнгты ризын. Бонмæ Аминæтыл хуыссæг нал æрхæцыд. Райсомæй раджы Ахберд æттæмæ уынгмæ куы ра- уад, уæд сæ кулдуарыл ауыдта гæххæтт ныхæст ахæм нывимæ: стыр бæласыл дзедзлой кодта лæджы мард хурхауыгъдæп, йæ бынмæ та цыдæр фыстытæ. Ахберд кæсын кæд нæ зыдта, уæддæр нывмæ гæсгæ æмбæрста, хъуыддаг хорздзинадыл дзурæг кæй нæу, уый. йæ зæр- ца? фехсайдта цæмæдæр. Ратыдта гæххæтт æмæ сæхи- 250
мæ дæр’нал бацыд, фæлæ Аминæты ’рдæм араст. Сæ уынджы миттæ сын æнæ марзтæй куы федта, уæд нае зæрдæ фыртæссæй ныггуыпп кодта. Аминæты раджы стагæй зыдта, уæдыл ныр цы ’рцыди, зæгъгæ. Дуар сæм бахоста, фæлæ дзуапп нæ уыди. Ногæй та сæм бахоста дуар æмæ бадзырдта: — Аминæт, нæма сыстадыстут? Уайтагъддæр базыдта Ахберды йæ хъæлæсæй. Æр- байсæфт, бинонты цы тас æвдæрзта, уый. Аминæт фес- тад æмæ рауад йæ размæ. Ныттыхсти Ахберды хъуы- рыл. — Мæ хæдзар фехæлд, куыд ма мыл сбон ис!.. Ахберд исдуг ницы бамбæрста хъуыддагæн. Æр- мæстдæр хатыд æнгом æй йæхимæ кæй балхъывта, фыр тæсæй чи рызти, ахæм сылгаймаг. — Махæн дысон нæ дуар чидæр æрбарæмыгъта, — сдзырдта Сандыр. Ахберд фестъæлфыд. Сылгоймаджы къухтæй суæгъд кодта йæхи. Комкоммæ йæм бакаст. Аминæты рустыл æрлæсæн кодтой цæссыгтæ. Уайтагъддæр хъæубæстыл айхъуыст æхсæвы хабар. Хуыснæджытæ æцæгдæр хъæуы дæллагфарс аргæвстой Аминæты хъуг. Ахберды 1кулдуарыл цы гæххæтт уыд, ахæм бакодтой Дударты дуарыл дæр. Ахберд базыдта- постхæосæджы руаджы, йæ дуарыл ныхæст нывы бын цы фыст уыдис, уый. Цæвиттон, хуыснæджытæ æртхъирæн кодтой Ахберд æмæ Дудармæ, æгæр куы кæнат æмæ уæ бынæтты æн- цад куы пæ сбадат, уæд уе ’рдхорд Мысостау уæлæн- гæйтты нæ аирвæздзыстут. Фæлæ уæ мæнæ ацы нывы бæласыл чи дзедзлой кæны, уыйау æрцауындздзыс- тæм, зæгъгæ. Аминæты тынг бафхæрдтой, хъæубæстæ ма афæдис кодтой алырдæмыты, фæлæ уыдон, цыма, зæххы скъуы- ды ныххаудысты, уыйау нал фæзындысты. . Ахбердæн æмæ Дударæн сæ цард ад нал кодта, за^рдæнизау, сæ хуылфмæ бахызт стыр маст æмæ су- сæг-æргомæй райдыдтой хуыснæджыты фæдыл зилын. Иу бон та Ахбердмæ æрæрвыста йæ усы фыд Те- мырболат, фæрынчын дæн, зæгъгæ, æмæ мæ куыд абæ- 251
рæг кæнай, афтæ. Ахберд тыхсти, афтид армæн йæм куыд фæцæуон, зæгъгæ, фæлæ йæ ма бабæрæг кæн, уæд уый та бынтон худинаджы хъуыддаг. Нод>кы ма йын Болатыхъо дæр куы бауайдзæф кодта: «Бирæ ахæм ка- истæ ма дын ис, рынч-ыны цæуылнæ абæрæг кæныс?», уæд дыккаг бон чысыл цæйдæртимæ фæцыд йæ каистæм рынчынфæрсæг. Бирæ бауарзта Темырболат йæ си- ахсы. Æгъдауджын, уæздан, хъаруджын адæймаг æм каст. Ахберд йæ каисты баййæфта æнæ суджы схъиеæй. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ дыууæ стыр галы баиф- тыгъта дзоныгъыл, райста фæрæт æмæ ацыди хъæдмæ. Изæрмилтæм галтæ тыххæй кæй фæрæзтой, ахæм су- джы дзоныгъ æрбаласта. Суагъта галтæ. Бабаста сæ окъæты. Уайтагъддæр сын кæвдæсы холлаг нывæрдта, æмæ йæхи дæр нæма ахъарм кодта, афтæ райхæлдта дзоныгъ,' райдыдта сугтæ сæттын. Темыр1болат рудзынгмæ æввахс хуыссыди æмæ дзаг дзоныгъы цур куы ауыдта Ахберды рихитæ салдæй, уæд бауайдзæф кодта йæ бинонтæн, цæуыл марут лæ- джы, тæригъæд нæу, зæгъгæ. Хъаруйы хицау та куыд нæ уыдис Ахберд: зæнджы стæвдæн сугтæ иу цæфæн хауын кодта фæрæтæй. Дзо- ныгъы сугтæ кæронмæ саст æмæ фаст куы фæцис, уæд сæм бавнæлдта хæссынмæ. Куы фæцис, уæд йæ къухтæ æмæ йæ хидæйдзаг цæсгом ныхсадта уазал донæй. йæ зæрдæ бæргæ куырдта дон баназын, фæлæ тæв- дæй йæ ныфс нæ бахаста. Бацыд мидæмæ рынчыны цурмæ. Тьгмырболат ыл аивæй йæ цæст æрхаста сæрæй къæх- тæм. Ахберды сæрыл уыд сау къæбæлдзыг фысдзармæй фыййауы худ, дæрдджын цъæх цухъхъа, йæ астæу ын фидар æрбалвæста нарæг гæрзын рон, иу цалдæр раны йыл æрзæбул сты хуымæтæджы згъæрæй æргъæвджы- тæ, сау фæсмын хæлаф, йæ къæхтыл ног æхсад урс цъындатæ, æрчъитимæ. — Æгъгъæд ын нæу абондргъы фыдæбон, æви адæм æнæхæргæйæ цæрын райдыдтой! — сдзырдта чындзытæм Темырболат. Кæстæр чыпдз уайтагъддæр феттæдуар. Пецы фарс- 252
мæ цы лæгтпу бадт, уымæ Темырболаты ныхæстæ дис- саг фæкастысты æмæ бакъæцæл худæгæй. Фæлæ йæм Темырболат куы бакаст, уæд йæ худын фæуагъта. Ах- берд дæр бакаст лæппуйы ’рдæм. Уый бадтис пецы фарсмæ. Пецы фæрстæ зынджы хуызæн стæвд сты æмæ ноджы тынгдæр басырх кодтой лæппуйы тыппыр рустæ. — Хабос, æттæдæр абад, дæхи физонæг кæныс, — сдзырдта йæм Темырболат. Лæппу æттæдæр абадт. — Цы хорз у пец, — загъта пæхинымæр Ахберд, — уайтагъддæр хæдзар ахъарм кодта. Ногæй куы фæзынд кæстæр чындз, уæд бакаст Темырболаты ’рдæм, уымæй бамбарын кодта, мах рæвдз стæм, зæгъгæ. • — Мауал лæу, — сдзырдта Ахбердмæ рынчын, — пннæ уатмæ ахиз. Дуарыл чындз æмæ сиахс кæрæдзийæн æгъдау лæ- вæрдтой ахизынмæ. Дуар куы бакодтой, уæд уазал æрбакалд. Чындз æмæ сиахс уайтагъддæр феттæдуар сты. Хистæр чындз, йæ къухтæ йæ чъылдыммæ æмбæхс- гæйæ, тыргъы æнхъæлмæ каст Ахбердмæ. Кæрæдзимæ фемдзаст сты Ахбердимæ æмæ бахудтысты. Хъантемы- рон йæ цæхæр цæстытæ ныццавта Ахбердмæ. Дардæй бакæсæг банхъæлдтаид чындз фыр уарзондзинадæй цъæх пиллон арт кæй уадзы, зæгъгæ. Ахберд -йæ рæз- ты куы фæцæйдыд, уæд ын йæ бæрзæйы миттæ пык- калдта. " Ахберд исдуг рахъавыд чындзæн йæхиуыл дæр мит- тæ бакалыи, фæлæ йæм аив нæ фæкаст йæ фæндон, сы- хæгтæй сæ исчи куы фена, уæд цы зæгъдзæн, зæгъгæ, сæ рынчыны хъуыды дæр нæ кæнынц. Уымæ гæсгæ сдзырдта чындзмæ: — Ахæм тæвд зæрдæйыл уазал мит ныккал, дæхи тæригъæдджын кæныс. — Цæй, кæд дын ницы уаид. Арсмæ та уазал кæд фæхъары? — Уæвгæ ахæм рæстæг дæр вæййы — Кæд? 253
— Цуанонтæ йæ куы расурынц æмæ зымæд>^ы доны куы бамидæг вæййы, уæд. Ахæм рæстæджы ахæм тынг фæризы æмæ йæ æвæццæгæн, карз арахъхъ дæр нал схъарм кæнид. -— Ахиз уæдæ мидæмæ, кæд дæу схъарм кæнид, — загъта Хъантемырон дуар бакæнгæйæ. Дыккаг уаты æртыкъахыг фынгыл æвæрд уыд уæ- ливыхтæ, сæ царв сæ сæрты калдис, афтæмæй, карчы фых, бæрæг уыд нырма йæ ныртæккæ кæй- фелвæстоп фыцгæ агæй æмæ иу графины дзаг арахъхъ. — Нæ чызг нæ бафхæрдзæн, æгæр æххормаг куы суай, уæд, — загъта хистæр чындз Ахбердæн. — Цæмæй йæ базондзæн, исты мæ ныхыл фыст куы чнæ ис, — хъæлдзæгæй дзуапп радта Ахберд. Уымæл æхсызгон уыдис Темырболаты цурæй кæй рацыдис, уый. Кæд Темырболат хорз лæг уыд, уæддæр Ахбер- дæн ирон æгъдау нæ лæвæрдта фадат æмæ лæгæй-лæг- мæ, зæрдæйæ-зæрдæмæ йемæ фæныхас кодтаид. Кæддæ- риддæр-иу йæ цуры куы лæууыд, уæд ын-иу йæ фарсты- тæн дзуапп лæвæрдта цыбырæй «о», кæнæ «нæ». Ахæм рæстæджы-иу Ахберд йæхимæ каст уонгбасты хуызæл. Цыдæр ын-иу нæ фаг кодта. Фæлæ чындзыты цур та уыдис сæрибар æмæ ныфсджын. Чизопы, æгæр ныфс- джын кæй уыдис Ахберд йæ каистæм, уым аххосджыи уыдис хистæр чындз дæр. Æгæркъæйных дардта йæ- хи Ахбердмæ. Искуы сæм-иу куы фæзынд, уæд ыл-иу марпъы базыртæ разад. Иу ран-иу нал хæцыд. Дар- дæй йæм чи бакастаид, уый загътаид, ауыл цыдæр хорздзиьад сæмбæлд, æндæр цы кæны, цæмæн худыни пæ итгтытæ цæхæркалгæ. Кæстæр чындз рауагъта сыкъайы нозт æмæ йæ рад- та Ахбердмæ. Ахберды кæд нæ фæндыдис Хъантемыроны хъæл- дзæг зæрдæйы уаг фехалын, уæддæр цæмæдæр гæсгæ фыццаг нуазæнæй осардта Темырболаты хистæр фырт Тегайы рухс ном. Хъантемырон йæ цæстытæ доны ра- зылдта. — Фæллойгæнæг адæм цы стыр хъуыддагыл тох код^гой, уым уый дæр ныккалдта йæ туг. йæ цард æр- 254
хаста адæмы саерибары сæраппонд, мæнæ мах цæмæй фосы къæлæтæй фервæзтаиккам æмæ æцæг цардæй ис- ты федтаиккам, уый тыххæй. Æмæ йын ацы дзаг фын- джы уæлхъус арын йæ ном. Мæрдты бæсты æцæгæй- дæр кæд исты ис, уæд мæнæ ацы фынг мах раз куыд дзагæй лæууы, афтæ дзагæй лæууæд уый раз дæр. Сæрд ын æмбигæ ма кæнæд, зымæг — сæлгæ, йæ уазал къухтæ сыл-иу ахъарм кæнæд, йе ’ххормаг гуыбын сæ- иу æфсæдæд, йæ фарсмæ кæд исчи тыхст уавæрты дзы- наза, уæд-иу дзы уый-дæр арæвдауæд. Афтæмæй мæрд- ты рухсаг уæд Тега. Сыкъайæ иу цалдæр æртахы фынджы уæлхъус- чъирийыл æркалдта, стæй йæ бындзарæй анызта. Тегаиы коймæ Хъантемъфоны йæ хъуыдытæ дар- дыл ахастой. Уыд мæгуыр бинонты чызг. Фæлæ хай- джын фæцис сылгоймаджы æппæт рæсугъддзинæдтæй дæр, уымæ гæсгæ йæм бирæ хъæздгуыты фырттæ ку- рынмæ æруырдыг сты. чБи.нонты зæрдæмæ, стæн пæхи зæрдæмæ дæр тынг фæцыди Тега æмæ йæ уымæн рад- той. Хъантемырон йæхи хуыдта амондджын. Уайтагъд- дæр «сæрæн чындзы», ном хъæубæсты ’хсæн айхъуыст. Уæлдай адджындæр фæцис биионтæн сæрæп æмæ арæхстджын чындз. Фæлæ райдыдта Октябры револю- ци. Йæ лæг ацыд хæстмæ æмæ дзы сау гæххæтт ссыд. Йæ чысыл лæппу Хабос та сидзæрæй баззад. Афæдзы хист куы окодта Темырболат йæ фыртæн, уæд ирон фæтк куыд амоны, афтæ нæ фæдзырдта хъæубæсты хистæртæм, цæмæй чындзæн бар радтаик- кой йæ цæгатмæ ацæуынæн ног амонд ссарынмæ, фæ- лæ йæм иу изæр йæхæдæг басидт æмæ йын æргомæй загъта: — Мæ хур, амонд æмæ æнамонд æмдыхтæ сты, кæд- дæриддæр иумæ цæуынц æмæ куы сæ иу фæтыхджын- дæр вæййы, куы се ’ннæ. Амонд куы фæтыхджындæр вæййы, уæд лæг асины къæпхæнтыл уæлæмæ фæцæуы. Цард ын вæййы парахатæй. Æнамонд куы фæуæлахиз вæййы, уæд та... Темырболаты хъуыр ахгæдта, хъуыры цавæрдæр уынгæг хъуыдытæ ахгæдтой æмæ исдуг йæ ныхас фескъуыд. Хъантемырон бамбæрста йæ хицауы ныхæсты ’здæхт, фæлæ бæлвырд нæ зыдта. 255
кæронмæ цы зæгъынмæ хъавыд, уый æмæ йæм дард- дæр зæрдæрыстæй æнхъæлмæ касти. Исдуг Темырбо- лат ахъуыды ,кодта æмæ йæхинымæры сдзырдта, фæл- тау хъæубæсты хистæртæн куы загътаин. Зын ын уыд чындзæн йæ фæндон æргомæй. зæгъын. Æппынфæстаг йæхиуыл фæхæцыди æмæ загъта: — Уыцы æнамонддзинад æрсырдта мах дæр. Хъæд- гом гасгæнаг у, мæ хур, цæрæнбонты саутæ дарынмæ дын æгæр раджы у, ахæм хъуыддаг мын хуыцау дæр нæ ныббардзæн. Фæлæ дын хи чызджы хуызæн зæ- гъын: ницæмæй дæ бафхæрдзынæн, хæдзарæй дæм цы цæуы, дыууæ ахæмæй дын «нæ» нæ зæгъдзынæн æмæ дæ осарын хъæуы ног амонд. Хъантемырон уæды онг дæр йæхи тыхæй урæдта, ныр ын ног амюнды кой куы скодта, уæд атыдта, йæ рыст зæрдæйы цы тыппыр маст урæдта уый æмæ ■скуыдта. — Зæрдæйы тыппыртæ суадзынæн йæ хуыздæр хос у кæуын, — ахъуыды кодта Темырболат æмæ нæ хъыг дардта ,йæ чындзы. Йæ хъуыдытæ йæ ахастой дардыл. Кæй бахъыгдардтам, кæй бафхæрдтам, кæмæн цы ра- кодтам æвзæрæй, афтæ тынг нæ цæмæн бафхæрдта хуыцау? Æппынфæстаг скарста йæ зæрдæ: «Цард рагæй-æрæгмæ дæр афтæ арæзт у æмæ хъуамæ иутæ сæ цард аразой, иннæты амонд халгæйа\ Афтæ нæу, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, адæм иууылдæо а’мхуызон цæриккой. Чындз бынуæзæй уынæргъгæ ’сулæфыд. — Бахатыр кæн, хи чызджы уынаффæ дын кæнын, дæхицæн хуыздæр цы у, уый дын зæгъын, — чындзмæ зæрдæрыстæй бакасти Темырболат. —Бузныг, — æппынфæстаг загъта Хъантемырон, ног та цæмæй ма скæуа, ууыл архайгæйæ æмæ йæхи ты- хæй уромгæйæ. — Фæлæ мæ кæд æгæр не сфæлмæцы- дыстут, уæд мын уæ хæдзар хи цæгатæй дæр адджын- дæр фæцис æмæ мæ макæдæм арвитут. Темырболатæн æхсызгон уыдысты йæ" чындзы ны- хæстæ. Ахæм сæрæн æмæ æгъдауджын чындзытæ бирæ на^ уыд. Уьимæ гæсгæ йын загъта, схæссæг фыдау, йæ 256
зæрдæйы фæндон дæр. Темырболаты бон зæгъын уыди æмæ сæ хæдзар Хъантемыроныл кæй æнцайы. — Хорз, мæ хур,— загъта та Темырболат, — фæлæ мæ ныхас дæ зæрдыл дар æмæ дæ абоны фæндон ис- куы аивынвæнд куы скæнап, уæд мын-иу æй æргомæй зæгъ, æз мæ ныхасæн кæддæриддæр уыдзынæн хицау. Ууыл ахицæн ис чындз æмæ хицауы ныхас. Уæдæй нырмæ рацыд авд азы. Хъантемырон систа йæ саутæ, фæлæ йæ цæгатмæ ацæуыны, ног амонд бацагурыны тыххæй йæ хицауæн никуы ницы бакой кодта. Темыр- болат æрхаста пæ кæстæр фырт Дзыбылæн дæр би- нонтæ. Дзыбылы акодтой æфсадмæ. Темырболат та баззад хæдзары дыууæ чындз æмæ чысыл Хабосимæ. Ныр Темырболат йæхæдæг кæд фæрынчын, уæддæр ын йæ дыууæ чындзы йæ иунæг сиахсыл цин кæнынц, зæхмæ йæ нæ уадзынц. Минасы бын æй фæкодтой. Нуазæн нуазæны фæдыл æм дæттынц. Кæстæр чындз та рауагъта сыкъайы нозт, кæд æй Ахберд нал уагъта, уæддæр. — Уып та куыд, Ахберд, нырма дыууæ файнусты тыххæй куы нæ банызтай, уæд та кæрæдзи ныттыд- там,—(кæстæр чындзы фарс фæхæцыд Хъантемырон. Иннæ уатæй æрбайхъуыст хуыфын. Кæстæр чындз хистæры къухы фæсагъта графип, ауад æттæмæ. — Уæвгæ цæргæсы ныхтæй хъуамæ цух ма уай, — хъазгæмхасæн загъта Ахберд. — Дæхи сæ хиз, науæд дын уыдон Фаризæты барст нæ фæкæндзысты. Хъантемырон цавæрдæр æнахуыр каст кодта Ахберд- мæ. Фæлæ йæм Ахберд дæр куы фæкомкоммæ, уæд æфсæрмæй йæ рустæ асырх сты, — Уæртæ цы ис, уæртæ, арс, арс. — Арс нæ, ’фæлæ удхæссæг. — Æмæ цы, нæлгоймæгтæ иууылдæр æрсытæ æмæ удхæсджытæ сты. — Сылгоймæгтæ та зæдтæ æмæ дауджытæ. — Æз уæ *фенин, æнæ сылгоймæгтæй куы ацæрик- кат, уæд. — Хуыцау ма зæгъæд ахæм дуне. Æз ныртæккæ дæр мæнæ сындзытыл бадæгау куы кæнын. Нæхимæ 17* 257
кæуылты атæхон, уымæн куы ницы зонын, — хынджы- лæггæнæгау, загъта Ахберд. — Æмæ дыл исчи тыхæй хæцы. Тæхгæ, дæ хорзæ- хæй, — æцæгæй загъта Хъантемырон. Ахберд бамбæрста, Хъантемыронæн хъыг кæп уыд йæ ныхас, уый, фæлæ йæ иу хъуыддаг дисы æппæрста, цæмæн æм афтæ хъыг кæсы æндæр сылгоймаджы кой. йæ зæрдæ уæвгæ иу хъуыддагмæ фехсайдта, фæлæ йæ фæбæлвырддæрмæ йæ ныфс нæ бахаста, æрмæст ын йæхинымæры батæригъæд кодта. Гуырвидауыц, рæ- сугъд, сыгъзæрин къухты- хицау, нырма æрыгон адæй- маг, тæригъæд у идæдзæй бадынæн, æмæ пын æнцон- дæр нæ уыдзæн. —Æз...—цыдæр зæгъынмæ хъавыдис Хъантемырон, фæлæ уæдмæ кæстæр чындз æрбацыд. — Айс-ма, дæ хорзæхæй, цас хатын дæм хъæуы, — загъта хистæр чындз Ахбердæн, цыма йæм уæдæй ныр- мæ дæр нозтæй хатгæ кодта. — Цæй, бæркады тыххæй ма авд авды баназ æмæ дæк нал æрхатдзынæн. ’— Авд авды, фараст æмæ дыууиссæдзы, гъе, уый хъуыддаг у, гъе. — Нæ, Хъантемырон, — нуазæн райс- та Ахберд, — фараст ма дзы куы -баназон, уæддæр дыууиссæдзæн æнæ дæу ницы ба’кæндзынæн. Ахберд банызта бæркады тыххæй. — Гъеныр хъуамæ хорз фæхъазæм къай-æнæкъа- йæ! — хистæр чындз рахаста пæ хъæбысы дзаг къæби- цæй æнгузтæ. — адон нæхи æнгузтæ сты æмæ нæм дæ- уæй хуыздæр уазæг нал фæзындзæн. — Ацы æнафоны, чи зоны! — йæ ныхас баппæрста Ахберд. — Кæд дæ хуыссæг ахсы, уæд æй æргомæп зæгъ, æнафоны æфсон æй ма 1кæн. Хъантемырон æнгузтæ акодта æртæ дихы æмæ суанг фыццаг кæрккуасæнтæм фæхъазыдьюты къай- æнæкъайтæй, стæй хистæр чындз кæстæрæн загъта: — Гъеныр хуыссын афон у æмæ Ахбердæн уат! Стыр æхсызгонæй фехъуысти Ахбердмæ уыцы ныхас. 258
Уымæн æмæ иуæй боны суджыкуыстæй бафæллад, ин- нæмæй та йыл карз’ арахъхъ фæзынд. Райсомæй йын хистæр чындз йæ уаты дуар фегом кодта æмæ йæм бадзырдта: — Уæлæмæ, сиахс, фæхудинаг дæ! — йæхæдæг дуар фæстæмæ ахгæдта. Ахберд фесхъиудта йæ тарф фынæйæ. Æгæр рухс- куы уыди æттæ, уæд хорзау нал фæцис. — Гъæйтт, мæ хæсгæ мæрдтæ, æнхъæл дæн æмæ си- хор афон сси. Æтте урс пирæнгæнттæй уарыд мит. Зын базонæн уыдис, боныхъæдмæ гæсгæ, цафон уыд, уый. Тагъд- тагъд йæ дарæс акодта æмæ æттæмæ рацыд. Хæхтыл йæ цæст ахаста, фæлæ сæ ницæмæй рухс кодта зæрдæ, зындысты æнтъыснæг хуызæй. Ахбердæн аходæн куыддæр æрæвæрдтой, афтæ хъæуыбыны ’рдыгæй æрбахастæуыд ног хабар. Дысон, дам, дæлæ сидзæргæс Къусрианы хъуг чидæр йе скъæ- тæй атардта. Ахберд ма ноджы дæр базыдта, ацы хъæуы иу дæс боны размæ хуыснæджытæ кæй басыгътой сæ хъæуы тæккæ мæгуырдæрты хæдзæрттæ. Нал æрбадт аходæныл Ахберд, афтæ рахсыст йæ масты. Бацыд Темырболатмæ хæрзбон зæгъынмæ. Ахберд куы цыд, уæд ын Темырболат загъта, — Нырма бирæ ис цардæзмæнтджытæ æмæ дæхи фыдбылызæй хиз. — Æз разы дæн уыцы фыдбылызы цæхæры басу- дзьтныл, уæддæр нæ сидзæрты тæригъæд куы нал уы- нин, — æмæ Темырболатæн ракодта, йæ хуыздæр æрд- хорд Мысосты йын куыд мардтой, уый кой. Стæй Ами- нæты хъуджы æргæвст æмæ бирæ ахæм хабæрттæ. — Уæдæ дæм æз дæр уый тыххæй дзырдтон, мæ ху& куыд мæ уромы сынтæг та, куыд нæ ныттоны ’мæ быны, ууыл дис кæнын, куыд уромы уыйбæрц мæстытæ. Цы ми кæнут — хуыснæджытæ нæ иугай-дыгай хæдзархæлд хуы кæньшц, уæд? Цæмæ ма’ сæм кæсут, цæуылнæ сæ иыццæгъдут? — ГПУ-йæ, милицийæ æдзух дæр сæ фæдыл зилынц. 259
Лхст дзы чысыл нæ фæци, фæлæ къухты чи не ’фты, ахæмтæ дæр ма дзы ис. — Кæд сæм зæгъын уæндгæ нæ кæнут? — Уый та уанцон нæу! — Ау, уæдæ ма зьпмæгæй хуыздæр кæд хъуамæ фæ- хæст у-а адæймат абырджыты фæдыл. Уæлдæфæй нæ цæрынц, фосы мыггаг дæр не сты æмæ хос хæрой. Хъæ- ды та кæрдзын нæ зайы. Темырболат ноджы арфдæр ахъуыды кодта: ^- Кæнæ уыдон хъæутæм цæуынц, кæнæ хъæутæй уыдонмæ исчи. Ахберды цæстыты раз февзæрд Максимов. Цыма Те- мырболат нæ дзырдта йемæ, фæлæ Максимов, афтæ йæм каст. — Æнæмæнгдæр афтæ: кæнæ уыдон хъæумæ цæ- уынц, кæнæ хъæутæй уыдонмæ исчи, — сразы йæхи- нымæр Ахберд. — Мæнмæ афтæ кæсы æмæ, цыма, нæ хъæуккаг Бы- тъи хæрз æрæджыйæ басгуыхт номдзыд цуаноп. Алы хатт дæр æнæ сырд æрцæугæ нæ фæвæййы. Æвзæр нæ уаид пу бон уыимæ ащуанкæнын. — Уый хорз фæнд у, фæлæ ахæм цуанон кæд у, уæв- гæ, уæд фæдсайæн митæ бирæ фæкæндзæн æмæ фæстæ- мæ æрцæудзæп. Хуыздæр уаид йæ фæдыл ахъуызын. — Уый тæссаг хъуыддаг у: кæцæй дæ æрбахсдзысты абырджытæ, уый бæрæг пæй. —Уыйбæрц тæссаг хъуыддаг нæу, фæлæ цафон фæ- цæуы .цуаны, кæцы коммæ, уый базонын ахсджиагдæр хъуыддаг у. — Фыццаг кæрккуасæнтæм æввахс иу афон уæллаг хъæуы куыйтæ тынг базмæлынц. Æ<ззæр нæ уаид уыцы рæстæджы йæ фæдыл ацæуын иу къорд лæппуйæ. «Иу къорд лæппуйæ? Æмæ сæ кæцæй æрхæссон. Стæй куы уой, уæддæр æнæзонгæ адæмимæ ахæм-ранмæ ацæ- уып уаид æдылы хъуыддат!»,—ахъуыды кодта Ахберд. — Хæцæнгарз куы уаид, уæд бафæлварин мæхæдæг йæ фæдыл ацæуын. — Мæнæ уыдон хæцæнгæрзтæ не ’сты? — къулыл йæ сынтæджы скомкоммæ дзуарæвæрдæй лæууыдысты хъримаг, берданкæ, æхсаргард æвзйст кæрццæмимæ 260
сыгъэæрин доны тылд цыбыр хъама, — фæлæ дæ иунæ- гæй иу къахдзæф дæр нæ ауадздзынæн. Кæд цыфæнды хъаруджын дæ, уæддæр иунæг дæ. Иуæн та дыууæ - • æфсад. Уыдон та æппын къаддæрæй иу 10—15 уæддæр уыдзысты. Стæй щы фидар лæууы топпы нæмыджы ных- мæ. Æппын къаддæр дæ акæнын хъæуы иу 20 адæйма- джы, уымæй дæр рæвдз куыд уат хотыхтæй, науæд уæ пыццæгъддзысты. Темырболаты ныхасыл ахъуыды кодта Ахберд. 10 Ахберд нал ацыд сæхи<мæ. Ныллæууыд йæ каистæм. Бонасадæнæн кодта цавæрдæр куыстытæ. Раивта хъом фооы астæрдæй дыууæ хъæды, кæвдæсы иу мих, фосы къæлæтбæетæ фæбæрæг кодта, зыгуымхæссæнтæ æмæ .сæ босгæй лæмæгъ, зæрдæхсайгæ чи уыд, уыдон аизта ногдæртæй. Суанг изæрмæ фæкодта ахæм куыстытæ. Фæлæ иу минут цух нæ кодта йæ сæрæй, Темырболат ын цы ног цуаноны кой кодта, уый. Райсомæй йæ куы фехъуыста, уæд рахъавыд район- мæ цæуын, хабар партийы райкомæн фехъусын кæнын. Максимовæн дæр æй зæГъын хъæуы. Фæлæ бæлвырд куы ахъуыды кодта, уæд æм раст нæ фæкаст йæ фæн- дон. Цы у афтид хабар æнæ бæлвырдгондæй? Ницы. Сбæлвырд уал æй кæнон æмæ йæ уæд уый фæстæ фе- хъусын кæндзынæн. Уымæ гæсгæ ныллæууыд йæ каис- тæм дæр, кæд Темырболатæн ницы бæлвырдæн загъта, уæддæр. Ныр изæрæй уазæгуаты чысыл рудзынджы цур Ах’берд райста йæ къухтæм дыууæ ’хстон цуанон топп æмæ йæ сыгъдæг кодта. Бонæй тынгдæр аныгъуылд арф сатъæсты. Чи у, æрæджы цуанон чи басгуыхт, уыцы Бы- тъи? Боны Хъантемыроны ракъахта, уæ хъæды сырдта* арæх нæй, зæгъгæ. Æнхъæл уыд, кæд ын цуанæтты коп ракæнид. Æмæ йын уый ракодта канд сырдты кой нæ, фæлæ хъæуы цуанæтты кой дæр, уыдонимæ ма сæ тæк- кæ амондджындæры рахуыдта Габоциты дзæгъæлзад Бытъийы. Уый, дам, фосы фæлвæрайы хорзæх фæцис. æрвыл бон дæр, дам, æнæ сырд амаргæ нæ фæвæййы. 261
Дзæгъæлзад та йæ цæмæн хоныс, зæгъгæ, куы ба- фарста Ахберд Хъантемыроны, уæд ын уый дзуапп рад- та: — Афтæ йæ хонынц хъæубæстæ дæр æмæ йæ æз дæр афтæ хонын. Уымæй бæлвырддæр ын ницы зоныс, зæгъгæ, й& куы бафарста ногæй, уæд ын Хъантемырон загъта: — Иæ ныййарджытæ зæйы бын фесты, йæхæдæг та дзæгъæлæй баззад... Габоцийæн зæнæг нæ уыд æмæ йæ йæхицæн лæппуйæн схъомыл кодта. «Ау, сидзæр уæвгæйæ, ахæм фæндагыл ныллæууы- даид. Æви куырм у, гъе гоби. Æмæ кæд æцæг цуанон у, уæд та? Хъуыддаг домы йæхи сбæлвырд кæнын. Фæ- лæ кæд гадзрахатæй цæуы, кæд а’бырджытимæ баст у, нæ фарсмæ æрлæууыны бæсты не ’знæгты фарс æрлæу- уыд æмæ сын хæринаг хæссы, уæд фæлтау авд дæлдæр куы ныххауи.ккой, дæу цы ныййарджытæ ныууагътой уæлæуыл, адæмы фыдбылызæн, уыдон, — æмæ йæ цæс- тыты раз кæрæдзи ивгæ уадысты алы хуызон нывтæ,— Цы хъаджджын стæм? Ис нæм зæхх, кусæнгæрзтæ, кусæг фос, фæлæ нæ хъыгдарынц кулæктæ, абырджытæ. Æмæ чи сты абырджытæ та? Уыдон дæр кулæктæ, сæ фырт- тæ æмæ ноджы дæр уыдон хуызæн мæигард цæстфæл- дахджытæ, ног царды знæгтæ. «Æмæ бирæ сты, тыхджын, тæссаг?» — бафарста йæхи Ахберд. — Не сты бирæ, фæлæ сты- тынг тæссаг, хъæуы семæ æнæауæрдонæй тох, хъæуы сæ фесафын». Ахберд топп иуварс авæрдта æмæ æрдзы гъæдыл йæ цæст ахаста. Хæхтæ лæууыдысты уыцы иугъæдон æгомыгæй. ч Кæд бон изæрмæ, цыма, арвы дуар фегом æмæ мит исчн’ сасирæй луарæгау кодта, уыйау уарыд æнæрынцо- йæ, уæд изæрырдæ,м фæсабырдæр. Бынуæз коммæ кæуылдæрты, хъуызæгау, кодтой к бæзджын мигътæ. Байдзаг комы хъæбыс æмæ зындис æхсыры денджызау. Хæдзæртты тохынатæй калд фæздæг гакъон-макъон- - тæй. Искæцæй-иу куы фæзынд дымгæ, уæд-иу фæздæг тохцнайы фæстæмæ ныттардта æмæ-иу æй уæлæмæ нал уагъта. Уæвгæ-иу хæдзар куы байдзаг фæздæгæй, уæд- 262
иу искуы иу хатт бæзджын фæздæджы къуыбар тонæ- гау скодта тохынайыл, фæлæ-иу æй дымгæ цæсты ны- къуылдмæ уæлдæфы атайын кодта. Ахберд хорз зыдта, фæздæг тохынайы сæрты куы нæ }ал фæкæлы, уæд кæй фæзилы хæдзары къуымты, кæй фæагуры йæхицæп фæндаг рацæуынмæ, кæй мары фæз- дæгæй хæдзары бинонты, фæлæ йæм уæддæр тыхджын дымгæйы хъæбысы цы фæздæджы къуыбар атад, уыцы иыв æм хорз фæкаст. Æмæ куыд нæй! Кæд æмæ тьга- дж.ын дымгæйы рахуыдта адæм, фæздæджы къуыбары та нæ ног царды знæгты. —Дымгæ фæздæгæм цы ми кæны, ахæм ми сын хъæ- уы, ахæм, уыдонæн дæр. Ныххурх сæ хъæуы, фæнык куыл фестой. Се ’ртхутæг та сын тыхзилгæ дымгæ, ми- ты фæлгонтау, скъæфдзæн фæйнæрдæм. Хъантемырон уымæй размæ дæр иу цалдæр касты -бакодта Ахбердмæ рудзынгæй, фæлæ, уый афтæ арф аныгъуьтлд йæ хъуыдыты æмæ нæ бафиппайдта, Хъаи- темырон уатмæ куыд бацыдис, уый. — Æнхъæл дæн æмæ кæй ныллæууыдтæ, ууыл фæс- мон кæныс? — бафарста чындз хъазгæ ’мхасæн. Сылгоймаджы æвиппайды ныхасмæ æрбайсæфтыс- ты Ахберды хъуыдытæ. Ракаст Хъаитемыроимæ æмæ йæм сабыргай бахудгæйæ, сдзырдта: — Иу чысыл мæхи сагъæсты фæдæн, бахатыр кæн, •нæ дæ ’рхъуыды кодтон. — Уый ницы кæны, фæлæ нæ хицау тынг мæт кæны, иунæгæй, дам, цуаны цæуын фæнд ма окæнæд. Исты фыдбылызы, дам, хауы. ’— Фыдбылызтæ мæнæ ам, хæдзары бадгæйæ дæр æрцæуынц. Хъантемыронæн .цыма Ахберд знон се ’хсæн цы ны- хас рауад, уый йæ зæрдыл лæууын кæны, афтæ йæм фæкаст æмæ йын дæлгоммæ хъуыдыйæ бамбарын кодта. — Алы фыдбылызæй дæр хи хизын хъæуы! — Уæд искуы уæрм. скъахæм æмæ дзы ныххизæм, фыдбылызтæй тæрсгæйæ, — бахудтис Ахберд. — Фæлæ æз фехъуьгстон, иу хатт, дам, иу ахæм тæппуд афтæ бакодта. скъахта уæрм æмæ, дам, зæхх куы ныр- рызт, уæд ыл уырдæм сыджыт ныккалдта æмæ цæрду- дæгасæй фесæфт. 263
Хъантемыронæн æхсызгон уыд Ахберды ныхас. — Ме сæфт уынын тæппуд адæймагæй, лæг хъуамæ кæддæриддæр лæг уа,—стæй бынуæзæй -ныуулæфыд,— уастæн цы зæгъон мæ рафæлдисæгæн, мæн нæлгоймаг чи нæ фæкодта, æз уын бирæ хъыцъыдæттæ бæргæ ба- назын’ кодтаин. — Тобæ, тобæ, уанщон нæу! Хъыцъыдæттæ нын нæ- ук дæр чысыл нæ баиазын кодтой, фæлæ нæлгоймаджы хуыцау куы фæуыдаис, уæд нын хорзæй цы радтаис, фæлтау уый зæгъ. — Хорзæй уый æмæ зæххы цъарыл фесæфтаин æнамонддзинад. Æнамонддзинад хæссы мæгуыр цард, хæст. Æмæ сæ иууылдæр скуынæг кодтаин. — Гъе, уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, гье! Кæстæр чындз æрбахаста æхсæвæр æмæ иумæ æх- гæвæр скодтой. Æхсæвæр хæрды фæстæ Ахберд бафæ- дзæхста Хъантемыронæн: — Æвзæр сиахс тарф фынæйгæнаг у, æмæ фыццаг кæркуасæнты цæмæй фынæйæ ма баззайа, фæлæ рай- хъал уа, уый йын-иу бакæнут. — О, фæлæ чындз дæр æвзæр куы разына, уæд та?~ хинæй бафарста Хъантемырон. — Уæд бæсты сæфт æрцыд æмæ сæ искуы куыдзæп- парæн былæй аппарын хъæуы. — Уæдæ мæ ма схуыссæм, — йæ фæндон загъта кæс- тæр чыпдз. — Цуанон лæг хорз куы нæ бафынæй кæна, уæд сырд на^, фæлæ æнæхъæн хох дæр нæ фендзæн йæ хуыссæг- хъуаг цæстыты аххосæй. — Цыма цуанонæй базæронд дæ, афтæ раст æй зæ- гъыс. — Кæд мæ фыд номдзыд цуанон у! — Уый æндæр хъуыддаг у, уæдæ! Æхсæвæр кæнгæйæ, Ахберд иунæг сыкъа йедтæмæ нæ бакуымдта нуазын. Фыццаг æхсæвау, кæркуасæнтæм нал фæбадт, фæлæ, хатыр ракургæйæ, рагацау схуыс- сыд. Чындзытæ ма кодтой хæдзар æфснайыны куысты- тæ, уый афтæ афыпæн. ( Хъантемырон ’бацыд уазæгуатмæ. Фæтæгены цырагъ ныллæгдæр æрзылдта. Иу каст ма ныккодта фынæй 264
лæгмæ æмæ, йæ фæдыл дуар рахгæнгæйæ, рахызт æт~ тæмæ. Нæ бахуыссыд уыцы æхсæв Хъантемырон, фæлæ иу афон куы уыд, уæд бацыд уазæджы уатмæ, схæцыд цы- рагъыл тынгдæр. Ахберды цæстытьм куыддæр аны- дзæвд рухс, афтæ фæхъил кодта йæ сæр. — Æгæр та афынæй дæн, æнхъæл дæн? — афарста Хъантемыроны. — Нæ,' фæлæ стын афон у. Ныртæккæ уыдзæн кæр- куас... — зæгъгæ, æххæстæй нæма фæцис йæ ныхас афтæ æрбайхъуыст уасæцжы базырты тъæпп-тъæпп аемæ цъæхснаг хъæлæсы уаст. Минут дæр нæма рацыд,. афтæ йын æндæр уасæг дзуапп радта хъæуы бьгны ’рдыгæй. Чысыл фæстæдæр базмæлыдысты хъæуы уас- джытæ иууылдæр æмæ фæдисгæнæгау кодтоп. Хъантемырон рацыд йæ уатмæ. Ахберд рæвдз акод- та йæ дарæс, йæхи /ахсадта æмæ æнхъæлмæ каст цæмæ- дæр. Уасджытæ куы уасыдысты, уæд иуæй-иу куыйтæ дæр срæйдтой, фæлæ та уайтагъддæр фæхъус сты. Иу афоны хъæуы быны ’рдыгæй кæйдæр куыдз фæ- дисы лæбурд систа, стæй схъыллист кодта, æвæццæгæн, кæмæ лæбурдта, уый йæ ныццавта, гъе, та йыл исты фехста æмæ куыдз фæтарсти. —Цыдæриддæр-уæд, фæлæ æнæмæнг цæуын хъæуы!— загъта Ахберд æмæ та æркаст ногæй хъатарамæ. — Цы уæ мардзынæн, хуымарæн гилдзытæ? Хъæддаг сырдты æви абырджыты? Хъатара æрбабаста йæ астæуыл, райста топп йæ къухтæм æмæ æттæмæ рацыд. Иннæ уатæй йæ размæ рауад Хъантемырон дæр. — Фæцæуыс? — О,— цыбыр дзуапп радта Ахберд. — Фæндараст фæу уæдæ. Барæй дæ размæ рацыд- тæн. Нæхион-иу (Тегайы 1кой кодта) искуыдæм куы цыд. уæд-иу мæ барæй йæ размæ арвыста, ды, дам, у .мæ фыццаг æмбазлæг, дæуæн, дам, хорз къах ис. — Бузныг, стыр бузныг, — раарфæ кодта Ахберд. 26,>
Хъантемыронæн æмæ йæ фæндаг акодта хъæуы сæры ’рдæм. Иудзæвгар йæ фæдыл кæсгæйæ, баззад Хъантемы- роя, стæй бацыд мидæмæ. Æрбадт йæ сынтæджы уæл- хъус æмæ комкоммæ каст йæ лæгапу Хабосы цæсгоммæ. Иу халдих рахаста Тегаимæ. Хъантемыроны зæрдыл æр- балæууыдис йæ лæг. Куыд сæрæн, (куыд арæхстджын уыдис Кæмдæр кæд ахæм зымæджы тъæнджы, утæхсæн- гæнгæмардис, зæгъгæ, фемæхстысты йæ цæстысыгтæ йæ рустыл. Ахберд хъæусæр уæзæгмæ куы схызт, уæд æм хорз зындысты гæмæхтæ. БæлЕырд ахаста йæ цæст фæйнæ- ’рдæм, фæлæ ницæуыл фæхæст. Иу рæстæджы рахизырдыгæй хуыфын фæцыд. Ахберд йæхи æраууон кодта æмæ æнхъæлмæ «ает, чи фæзын- дзæн, зæгъгæ, уымæ. Уалынмæ сабыр ныхасгæнгæ, сæ топпытæ се ’ккой, афтæмæй, сзындысты æртæйæ. Хъæуы сæрæй галиуырдæм скастысты. Ахберд æнхъæл уыд, уæ- дæ мæ федтой, зæгъгæ. Фæлæ уæдмæ еæ иу окуывта: — О, фæндагсар Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн. Зæгъ фосы фæлвæрайæн æмæ нын æвгъау ма бакæнæд йæ бирæ фосы дзугтæй иу цыппæркъахыг. Ахберд фембæрста хъуыддаг, йе ’скомкоммæ цы дзуар арæзт ис, уымæн кæй кувынц, зæгъгæ, цуанæттæ схæрд кодтой. Чысыл куы суадысты, уæд сын дымгæ ’рбаскъæфта сæ ныхæстæ: — Æвзæр нæ уаид тархъæдмæ арсдзуан, гъе, хуы- дзуаны ацæуын. — Бæргæ, фæлæ ныл уьщы джауыртæ гсуы сæмбæ- лой, уæд нын Къуыппыхъæуы цуанæтты ми бакæндзыс- ты. —Уый бæсты мæлæт хуыздæр! — загъта иннæ. — Æз дзы хуыйы бæсты искæйы бæргæ æрфæлдахин. — Æмæ, дам, уый фæстæ уыцы хъæды ГПУ-йы кус- джытæ уырзæй сгарæгау куы фæкодтой. — Гъæ, куыд дын амардтæн, кæд уыдон тархъæдмæ уæндгæ дæр’ нæ бакодтой. — Гæды зæгъыс, мæ хæлар. Раст дзы иу къордыл тар хъæды тæккæ астæу æртыхстысты. Бацайдагъ сын хæст. Чидæртæ сын дзы аирвæзт. Дыууæйæн алидзыны фадат 266
нал уыд æмæ сæхи дæр нæ лæвæрдтой, уый нæ, фæлæ сæм æввахс бацæуынмæ чи хъавыд, уыдон æхстой. Иу заманайы лæппуйы дзы амардтой, мæгуыр. Уæд сæ хи-с- тæр дзырд радта æмæ сæ фæйнæрдыгæй æхсын райдыд- той. Раст сæ сыхырнайы хуызæн скодтой. — Уый дæр сын чысыл у! Куыд дарддæр кодтой, афтæ сæ ныхас кодта сабыр- дæр æмæ йæ Ахберд нал æмбæрста. «Адон уой? — афарста йæхи Ахберд. — Æмæ уæд ахæм ныхас цæмæн «æнынц? Æви фæдфæливæн митæ сты уыдон». Иудзæвгар ма сæ ауагъта, стæй сыстад. Фæлæ стгæ куыд тагъд -скодта, фæсгæмæ дæр афтæ тагъд æрæмбæхст. Иу адæймаг, йе ’ккой стыр дзæкъул, йæ уæхскыл цуа- нон топп, афтæмæй уый дæр схæрд кодта хъæуы сæр- ты. — О, Уастырджи, рæствæндаг та мæ фæкæн ацы хатт дæр, — скуывта дзуарæн æмæ схæрд кодта рахизы- ’рдæм. «Рæствæндаг та мæ фæкæн ацы хатт дæр» — цуано- ны ныхæстыл ахъуыды кодта Ахберд. — Æнæмæнг дæр, Темырболат ын кæй кэй кодта, Хъантемырон ын амонд- джын цуанон ;кæй рахуыдта, уый у, ’— афтæ сдзырдта ^хбердмæ йæ зæрдæ. — Фæлæ йын 1куыд бамбæрстæуа йæ ныхæстæ. Мыййаг кæд æцæг цуанон у, æцæг рæст- вæндаг кæд фæвæййы, уæд та? Цыдæриддæр у, уæддæр йæ фæдыл цæуыи хъæуы, — загъта Ахберд, — æмæ рай- дыдта цуаноны фæстæ гурæй-гурмæ хъуызын. Цуанон- ну и-удзæвгар куы ацыд. уæд-.иу æрлæууыд, акастис-иу алырдæм дæр, стæй та йæ цыды кой кодта дарддæр. Бон дзир-дзур кæнын куы байдыдта, уæд’Ахберд тынг- дæр архайдта йæхи æмбæхсыныл, цæмæй йæ цуанон ма бафиппайдтаид, уый тыххæй. Куы ’рбарухс, уæд та цуа- ноньг Ахбврд йæхицæй дзæвгар раздæр ауагъта. Иуæй ног уард’митыл уæлдай бæрæгдæр дардтой цуаноны фæдтæ æмæ Ахберд нæ тарст фæд фæдзæгъæлæй, аннæ- мæй та кæд æцæг абырджытимæ баст у, уæд семæ æвип- лайд хæрхæм’бæлд фæуын хорз нæ уыдзæн... Цас ма фæ- 267
цыд афтæ гурæй-гурмæ Ахберд, уый зын зæгъæн у, фæ- лæ иу афон комы ’рдыгæй райхъуыст таппы гæрах. — Æхсæвы цъæхæй цуанæттæй кæйдæр фæцис æф- сатийы хорзæх, — ахъуыды кодта Ахберд æмæ æрлæу- уыд, топпы ’гæрах кæцæй фехъуыст, уыцырдæм иæ хъус тынгдæр адардта. Фæлæ дзы ницыуал фехъуыста. Бонырдæм сьютад ирдгæ дымгæ æмæ разæй цæуæг цуаноны фæдтæ æмбæхста миты хъæпæны бын. Ах- берд тæрсын райдыдта цуаноны фæд фæдзæгъæлæй æмæ фæтагъддæр кодта комы/рдæм. Чысыл фæстæдæр фæаууон комы нарæцжы. Ам уæлдай бæрæгдæр дард- той цуаноны фæдтæ. Комы нарæджы кæд фæмидæг ирдгæ дымгæ, уæддæр-иу ам фæсабыр, нал æмбæхста миты бын цуаноны фæдтæ. Иу рæстæг куы уыд, уæд Ахберды рæзты базгъордта рувас. Бæргæ пæ фæндыд сырды фехсын, фæлæ уæд йæхи рахъæр кæндзæн. Уы- мæ гæсгæ рувасы фæстæ таесгæйæ, баззад. Раст уыцы афон, сычъийы мард йе ’юкой, афтæмæй æрбацыдис . иу цуанон. Ахбердыл хæрхæмбæлд кæй фæцис, уый йын уыдис æнæнхъæлæджы хабар, æмæ йæ цæстæнгас аивта. Фæлæ уæддæр, Ахбердмæ бакæсгæйæ, йæ был- тæ худæнзмæлд бакодта. — Сæумæрайсом хорз рæствæндаг фæдæ, æнхъæл дæы? — бафарста цуанонæн салам ратгæйæ, Ахберд. — Табу Æфсатийæп, уый хорзæх нæ уæд, уый йед- тæмæ сырд арæх у. Уыйбæрц дæр дæ * хъæуæд. Куыд- дæр хохрæбынмæ схæццæ дæн, афтæ кæсын æмæ мæ рæзты æрбазгъоры. Æмæ дæ фыдгул афтæ. Ахберд сычъийыл йæ къух æрхаста æмæ дисы баф- тыд. Сычъийы буар уыд салд. Йæ зæрдæ фехсайдта цæмæдæр, фæлæ йыл цæмæй цуанон ма фæгуырысхо уа, уымæ гæсгæ загъта: — Цæй стыртæ у, стæй нард! Цæй, иннæ хатт дæр та дæ Æфсатийы хорзæх уæд! — Хорз лæг, нæ кæрæдзи нæ зопæм æмæ базонгæ уæм, мæ ном Бытъи. Бытъийы ном фехъусгæйæ, фестъæлфыд Ахберд, æмæ йæхи бацамонгæйæ, ноджы лæмбынæгдæр бакаст æрыгон цуанонмæ. — Цуанæтты æгъдау, нæ кадджын фыдæлтау л^а- 268
хæн дæр^халгæйæ нæу, ды дæ мæ фыццаг æмбæлæг æмæ мæнæ дæ сычъийы къабаз цæттæ. Стæп физои- джытæ дæр скæнæм. — Бузныг, Бытъи, дæ уæздан ныхасæй, фæлæ ацы райсом раджы мæхæдæг дæр куы рацуан кæнин. Кæд Æ’фсати мæнæн дæр мæ хай радтид. — Табу йæхицæн, дæхи фæндиаг фæцуан кæн, фæ- лæ, з-æгъгæ^ нæ фæрæстмæ дæ, уæд, дæ хорзæхæй, дæ фæндаг ракæ нæ хъæуыл. Дæ сырды хай цæттæ! — Бузныг, бузныт, — загъта ногæй Ахберд æмæ фæхицæн Бытъийæ. Иудзæвгар - ацыд, цуаноны фæд, кæуылты æрбацыд, ууылты пæл фæлæ ’ æндæр рæтты, стæн иу ададжы куы фæаууон, уæд аивæй ракаст Бы- тъийы фæстæ. Фæлæ Бытъи зынæг нæ уыд. Ахберд схызт къуыпмæ æмæ федта, Бытъи комæй к-æй ахызт æмæ хъæуы ’рдæм кæй тындзыдта/уый. Къуыгшæй æр- хызт цуаноны фæдмæ æмæ йыл цыди хохы рæбыны ’рдæм. "Йæ сæры зилдух кодтой алыгъуызон хъуыды- тæ. Кæд æфсоны гæрах нæ фæкодта æмæ сырды йæхæ- дæг амардта, уæд митыл тугвæдтæ хъулон дардзысты, зæгъгæ, ахæм хъуыдымæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ, цыдис дарддæр Бытъийы фæдыл. ’ Æппынфæстаг бахæццæ тæккæ хохрæбынмæ. йæхи цæстæй федта миты ра- гъыл сырд кæдæм æрхаудта, уый дæр. Митыл сырды буары фæд йедтæмæ иу туджы æртах дæр нæ уыд. Хо- хы фæрсты уæлæмæ скаст. Айнæджы сæрмæ уыдаид иу ’сæдæ метры бæрц. — Диссаг! Ай, æцæгдæр диссаджы цуанон куы у. Бытъи сырд нæ амардта. Фæлæ, æвæццæгæн, топпы гæрахæн фехъусын кодта абырджытæн, æрбахæццæ дæн, зæгъгæ, æмæ йæм уыдон дæр сырды айпæджы сæ- рæй раппæрстоп. Стæй йæ дзæ’къул дæр цыдæр фæ- цис. Æвæццæгæн, сæм æй слæвæрдта. Цал æмæ ма иал ныхмæлæууæг хъуыдыйы азгъордта" Ахберды сæры, фæлæ дызæрдыггаг хъуыдытæй дард- дæр цы йæ бон уыдис. Айнæджы сæрмæ схизæн нæй. Стæй куы схизон, уæддæр иунæгæй цы акæндзынæн, фæлтау ахсæв ам бамбæхсон. Райсом та Бытъийы а^дæм хъæуы æмæ мæхи цæстæй æппæт хъуамæ фенон, — хъуыды кодтл 269
Ахберд. Исдуг æм тынг хорз фæкастысты йæ хьуыдьг- тæ. Фæлæ бæлвырддæр куы ахъуыды кодта/ уæд сæ æгæр уæлæнгай дæр рахуыдта. — Кæд мыййаг айнæджы сæрæй Бытъийы æрбацыд- мæ исчи æнхъæлмæ каст, уæд та? Уæд мæн дæр фед- таид æмæ цалынмæ комæй ацæуон, уæдмæ мæм йæ хъус дардзæн. Тæккæ хуыздæр у ардыгæй боныгол ацæуын. Фæлтау ахсæв фæстæмæ фæзындзынæн. Куыд загъта, афтæбакодта æцæгæйдæр. Боны æрцы- ди хъæумæ, йе ’хсæв та фæстæмæ бахаста хохрæбып- мæ. Сæумæрайсомæй Бытъи.сырд кæм амардта, уы- мæ дæрддзæфгомау æрæм>бæхсти. Кæд хохрæбын комы хъæбысы уддзæфы мур дæр нæ уыд, стæй хъæумæ æр- цæугæйæ, йæ уæлæ дæр хъармдæр дарæс скодта, уæд- дæр боны ’рдæм уазал кæнын байдыдта Ахберд. — Цыфæнды уазал куы уа, уæддæр ын бабыхсьш хъæуы, — уыд Ахбе’рды фидар фæнд æмæ æнхъæлмæ каст цавæрдæр диссаджы хабармæ. Боны цъæхтыл та, стыр дзæкъул йе ’жкой, афтæмæй фæзынди Бытъи. Хох- рæбынмæ куы бахæццæ, уæд йæ хъримаг арвы ’рдæм дзæгъæл гæрах фæкодта. Уайтагъддæр айнæджы сæ- рæй Бытъийы цурмæ æрхаудта сычъийы мард. Ахберх хæрдмæ скасти æмæ айнæджы сæр ауыдта хотыхджын лæджы лæугæ. Æруагъта Бытъимæ даргъ бæндæч. Уый йæ дзæкъул абаста бæндæнæй æмæ йæ уæд, ай- нæджы сæр чи лæууыд, уый йæхимæ райдыдта ласын. Исдуг Ахберды бафæндыд абырæджы сгæрах кæнын. Фæлæ цы у иунæг абырæджы амарын. Ныр сын æгайт- ма сæ. ахстон базыдта. Бытъи та сырды мард йе ’ккой баппæрста æмæ тагъд кодта хъæуы ’рдæм. «Æвæццæгæн, уый уыдзæнис дæ фæстаг сырд, Е>ы- тъи. Райсом дæм сырды бæсты айнæджы сæрæй хауын байдайдзысты абырджытæ сæхæдæг», — сабыргай, фæ- лæ фидарæй загъта Ахберд. Ахберд фæдисы цыд ^акодта сæхимæ. йæхи цæс- тæй ,цы диссæгтæ федта, уыцы хабæрттæ бæстонæй æр- дзырдта Максимовæн. Уый та хабар фехъусын кодта горæтмæ. Уыдаид æмбисæхсæв, афтæ æфсæддон хай, къорд ГПУ-йы кусæджы, Максимов, Ахберд пæхæдæг дæр семæ, афтæмæй хъуызыдысты, абырджытæ цы 270
хъæды æрынцадысты, уырдæм чъылдымы ’рдыгæы. Фæндаг уыд зын æмæ тæссаг. Фæндагамонæг Ахберды цалдæр хатты афарстой йе ’мбæлттæ, нæ фæрæдыдтæ, зæгъгæ. Фæлæ æфсæддон командир Ахберды дзырд- тæм гæсгæ цы картæ скодта, уымæ дзыппы цырагъы рухсæй æркаст æмæ загъта: — Мæнмæ гæсгæ нæ фæрæдыди. Уæдмæ дардæй æрбазынди арт. Æввахсдæр æм куы бахъуызыдысты, уæд та разындысты арты фарсмæ дыууæ æндæрджы. Ахберд къухæй ацамыдта æндæргты ’рдæм: — Мæнмæ афтæ кæсы æмæ арты фарсмæ хуысдзыс- ты иннæ абырджытæ дæр. Уыдон та, æвæццæгæн, хъахъхъæнджытæ сты. Рæстæг сафын пайда нæу. ч — Раст зæгъы Ахберд, — загъта Максимов. — Тагъддæр сыл æртыхсын хъæуы. — Фалæрдæм сæ чи лидза, уый комкоммæ цæуы йæ мæлæтмæ — уым сæдæ метры бæрзæндæн у айнæг. Фæлæ дзы ацырдæм цæмæй мачи раирвæза, ууыл ба- кусын хъæуы, — йæ ныхас та загъта Ахберд. Æхсæв уыд сабыр. Цыфæнды чысыл къæрццæп дæр тæссаг уыдис абырджыты райхъалкæнын. Уымæ гæсгæ сæ алы къахдзæф дæр кодтой уæлдай сабырдæр. Куы баввахс дæр сты, уæд та сæм бырын, райдыдтой топпиф- тыгъдæй. Арты фарсмæ чи бадт, уыцы дыууæ абырæ- джы сæ къухтæй фидар хæцыдысты, хъил лæуд чи код- та, уыцы хæцæнгæрзтыл æмæ сыл сæ сæртæ бакъул кодтой. Æвæццæгæн, боны ’рдæм афынæй сты. Уый ч фадат радта Ахбердитæн ноджы æввахсдæр бабыры- нæн. Афтæ æввахс сæм бацыдысты æмæ каид бадгæ чи кодта, уыдон нæ, фæлæ цæхæр арты фарсмæ тым- былтæй чи хуыссыдис, уыдон дæр дзæбæх зынын бай- дыдтой. — Æвæджиау хорз уаид удæгасæй сæ æрцахсы- нæн! — Ахберд бадзырдта Максимовы хъусы. — Мах фæнд дæр афтæ бæргæ у, — сабыр дзуапп радта Максимов. Цалдæр къахдзæфы ма баззад абыр- джытæй махуæтты ’хсæн, афтæ сыл’уыцы иу хъæр фæ- кодта Максимов: —- Абырджытæ, уæхи радтут! 271
Бадгæ чи кодта, уыдон фæлæбурдтой сæ топпытæм, фæлæ сæ уæдмæ махонтæ æмæхст фæкодтой æмæ зæх- хыл сæ тъæпп фæцыд. Иннæ абырджытæ федтой, се *мбæлттæ дзыхъмард кæй фесты, уый. Æмæ бæлвырд нæ зыдтой, цы акæной, уымæи. Уæдмæ та Максимовы хъæлæс сæ хъустыл ауад: — Абырджытæ, уæхи удæгасæй радтут, науæд уæ иыццæгъддзыстæм! Абырджытæ ницы дзырдтой. Уæдмæ сæм Ахберд дæр сдзырдта: — Абырджытæ, уæ фаллагфарс а-йнæг къæдзæх, уæ ардыгæй æнæхъæн æфсад. Айнæджы сæрæй гæпкæнып- вæнд куы скæнат, уæддæр уын æпæмæлгæ нæй, — æмæ бæндæн йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд фæтарст, ууыл дзы мачи ныббырæд коммæ, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ сæм бахъæр кодта ногæй: — Уæвгæ уæ исчи фервæзт, кэм- мæ ныггæпп кæнгæйæ, уæддæр ын алидзæн нæй. Уым дæр хъузоны бадыец нæхиуæпæ. Абырджыты хистæры фæнд уæвгæ афтæ уыдис, ома уал сæ иу дыууæйæ ам уромдзыстæм, иннæтæн та бæн- дæиыл коммæ ныйирвæзыны фадат уыдза^н, фæлæ ныр ахæ.м иыхæстæ йæ хъустыл куы ауадысты, уæд йæ фæн • дон аглнта. Бæндæныл куы бырæм, афтæ нæ иугай цæгъддзысты, зæгъгæ. Æвæццæгæн, уыцы сахатыл Бы- тъийыл фæхæсти, уæд æй акъабæзтæ кодтаид. «Æр- мæстдæр уый у нæ уæйгæнæг», — афтæ æнхъæл уы- дысты æппæт абырджытæ дæр. Æмæ сфæнд кодтой хн- радтыны бæсты риуы гуыдырæй фæндаг акъæртт кæнын. Абырджытæ дзуапп куы нæ лæвæрдтой, уæд сæм кæй- дæрты зæрдæ фехсайдта, зæгъгæ сын сусæг цæуæнтæ ма уæд. — Абырджытæ, фæстаг хатт ма уæм дзурын, уæхи радтут удæгасæй, пауæд ныртæккæ нæ хæцæнгæрзты куы сдзурын кæнæм, уæд стæгæй, . буарæй сыхырна фестдзыстут, — æртхъирæнгæнæгау бадзырдта Макси- мов. — Æмæ куы радтæм нæхи, уæд та? — æрбайхъуыст абырджыты ’рдыгæй ныхас. — Уæд, æгъдау цы амоны, уый!—дзуапп радта Мак- оимов. Абырджытæ иугай-дыгай сæ къухтæ сдардтой, аф- 272
тæмæй размæ рацыдысты. Исдуг сыл не 'уУæнДыдысты æмæ цæмæй хъуыддаг æнæзианæй рауайа, уьшæ гæсгæ сьш Максимов загъта: — Уæхи кæд дæттут, уæд æрмæстдæр иугæйттæй. Фыццаг абырджыты фæстæ чи цыдысты, уыдон уал æрлæууыдысты сæ бынаты. Æппæты разæй бацыд, йæ къухтæ сдардта, афтæмæй, абырæг Сечъынаты Хъызыл- бег. Æппæт адæмыл йæ цæст куы .ахаста, уæд йæхины- мæры загъта, нæ фæрæдыдтæн, адонимæ схæцыдыстæм, уæд нæ кæфты цагъд фæкодтаиккой, зæгъгæ. — Æз дæн абырджыты разамонæг Сечъынаты Хъы- зылбег. Хъызылбеджы коймæ Ахберд фестъæлфыд, топмæ февнæлдта, фæлæ йæ Максимов афоныл фæурæдта. Хъызылбеджы гæрзтæ райстой. йæхæдæг иугай-дыгай сидтис абырджытæм сæ нæмттæй. Абырджытæ иугай цыдысты æмæ сæхи лæвæрдтой. Уыдонимæ уыдысты кулак Бидта æмæ йæ фырт Дæппу дæр. Æрбабон. Айнæджы сæрмæ бацыдысты иууылдæр. Айнæджы сæр дынджыр бæласы зæнгыл баст уыдис ставд бæндæн. — Мæнæ ацы бæидæныл комæй уæлæмæ бирæ хæри- иаг фæцыд, æмбал Максимов. Æз курын, цæмæй ма иу чыоыл банхъæлмæ кæсат, уæд уæхæдæг, уæхи цæстæй фендзыстут æппæт дæр. Дæлейæ уæм уæлæмæ куы сдзурой, уæд-иу мæнæ ацы стыр къодах æрæппарут, — бафæдзæхста Ахберд, йæхæдæг бынмæ бæндæныл бы- рын байдыдта. Уæвгæ бирæ кæсын нал ^бахъуыд нæ дæр айнæджы сæр чи лæууыд, уыдон, нæ дæр Ахберды. Фæзыпд та йе1стыр дзæкъулимæ Бытъи. Хъриматæй та арвы ’рдæм дзæгъæл гæрах фæкодта. Айнæджы 1сæр ч.и уыд, уыдон бамбæрстой æппæт дæр. Максимов йæ къа- хæп фесхуыста къодах æмæ, зæгъгæ, Бытъи афоныл нæ фæиуварс кодта йæхи, уæд (стыр ,къодахы бын доны къусы сæфт фæкодтаид. Йæ размæ топпæргъæвдæй ба- цыд Ахберд æмæ йæм сдзырдта: — Бахатыр кæн, «амондджын» цуанон. Æфсатийы фос цагъды фесты æмæ дын цы раппæрстаид, уыцы къо- дахы йедтæмæ, уый йæм нал уыд. - Бытъи базыдта Ахберды. ]8'* 273
— Цы дæ хъæуы мæнæй, Ахберд? — Бытъи, дæ бынатæй >ма змæлгæ дæр скодтай, уæд дæ хуымарæнæй агæрах кæндзынæн. Ныр та æххæст банхъæлмæ кæс де ’мбæлттæм. Бæндæныл иугай æрхызтысты хотыхджын æфсæд- дэнтæ, уыдон фæстæ—абырджытæ, стæй ГПУ-йы кус- джытæ, æппæты фæстагмæ та—Максимов. — Мæнæ уый та сæ къæбæрхæссæг у! — Бытъимæ ацамыдта Ахберд. Чысыл фæстæдæр Ахберды каисты хъæуы ’рдæм нæ хотыхджын æфсæддонты разæй цыдысты сæргуыбырæй абырджытæ, сæ фæстæ та Бытъж Ахберд йæ каисты хъæумæ куы бахæццæ, уæд Максимовæн ацамыдта йæ каисы хæдзар. Хъæубæсты цæрджытæ ракалдысты æт- тæмæ. Хъантемырон хабар уайтагъддæр фехъусын код- та Темырболатæн. Уый кæд йæ сæрæн нæ уыд, уæддæр сыстад æмæ зынæй æттæмæ рацыд. Абырджыты фæстæ Бытъийы куы ауыдта, уæд йе ’рфгуытæ фæтар кэдта. Æфсæддои хæйттæ абырджыты кодтой, хъæуы æхсæнты горæтты ’рдæм цы фæндаг цыдис, ууылты. Ахберд баз- гъордта Темырболаты размæ. — Бафæстиатæн мын фадат нæй, фæлæ мæнæ дæ хо- тыхтæ. Фæрнæй сæ фæдар! —Æз хотыхтæ хæссынхъом нал дæн, — йæ оиахемæ сæрыстырæй касти Темырболат! — уыдон дæ къухы уæлдай тынгдæр фидауынц æмæ сæ фæрнæй ’фæдар. Марадз-ма, чындз, исты хæринаг ын фен, æххормаг уы- дзæн. — Рæстæг æппьшдæр нæй, — загъта Ахберд æмæ сын сæ къухтæ райст.а, стæй ататъд кодт’а йе ’мбæлтты фæстæ. Хъантемыроны зæрдæмæ бахъуызыд цавæрдæр су- сæг циндзинад. Темырболат та сæрьпстырæй ,ка<ст йæ си’ахсы фæстæ. Ахберд хъæуы бын куы фæаууон, уæд- дæр м,а Хъантемырон лæууыди сæ хæдзары раз æмæ æдзынæгæй ’касти, Ахберд кæм фæаууон, уыцырдæм. Ахберд, цыма йæ тарф фынæйæ фехъал, уый стъæлфт фæкодта. Æрбатар сты, ,йæ даргъ царды фæндагæй йæ ц^естытыл цы алыхуызон нывтæ ауад, уыдон. Акаст йæ 274
алыварс æмæ федта, кæй бады сæрдыгон бон Зилгæдо- ны тъæпæпы кæрон халагьуды æмæ йæ дардæй кæй мæстæй мары Терчы дон. ФÆЛЫВД РÆДЫД 1 Сæрдыгон æхсæв фæбонæрдæм. Арвы кæрæттæ зы- на-иæзына рухакæнын байдыдтой. Уддзæф никæцæй ма зынд. Таргъуыз фæтæн хуымты мæнæуы, æф- сиртæ сæ уæззау сæртæ кæоæдзийыл бакъул код- той, æмæ æнцад лæууыдысты. Цæлхыдзаг мæй ныгуы- лæнмæ бæндæнбæрц баввахс æмæ зулаив æлвыста’ йæ фæлурс тынтæ уæрæх быдыртыл. Арвыл мигъы къæм нæ уыд. Стъалытæ уæлдай ирддæрæй тыбар-тыбур код- той. Сæ адджын фынæйыл ма уыдысты канд колхозон быдыртæ нæ, фæлæ рæсугъд хъæлæстæй зарæг мæргътæ дæр. Æрмæстдæр æгомыг æрдзы æвæджиауы сабырдзи- шад хæлдтой арф кæмтта^й фæтæн быдыртæм бырсæг хæххон доны улæнты тыхджын сæр-сæр æмæ «Размæ- йы» колхозы найгæнæн машинæйы иугæндзон тæр-тæр. Уыдои, цыма, стыр ерысы бацыдысты, уыйау хъуысти сабыр æрдзы хъæлæсы сæ иугæндзон аарæг. Мæнæ ацы æшафоны «Размæйы» колхозы быдырон станы адæ»м базмæлыдысты. Бæстæ хъæлдзæг ныхас ссис. Мысост нырма чысыл раздæр æрбацыдис найгæн- джытæй. Æд дзаумæттæ йæхи æруатъта хъæдын тæр- хæгыл. Сахаты бæрц дæр нæ афынæй кодта, афтæ йæ хъустыл ауад фæсивæды хъæлдзæг ныхас. Рæвдз фес- тад æмæ сæ размæ рауад. Абон у тæккæ ахсджиагдæр’ бонтæй иу: колхоз элеватормæ райдайдзæн паддзахады хæс ласын. Ахæм аходжиат бонты Мысост никуы зьгд- та фæллайын. Уый кæддæриддæр .вæййы куысты уæл~ хъус æмæ æппæтмæ дæр йæ цæст фæдары. — Сослан,—сдзырдта Мысост,—абон уæлдай цырд- дæр фæлæууын хъæуы, паддзахады хæс хъуамæ ахицæи кæнæм æппæты разæй. Куыддæр машглнæты калоннæ фæзына, афтæ мæхæдæг дæр уым дæн. — Хорз, хорз, Мысост, дæ зæрдæ ма< ’хоайæд, фæлæ машинæтимæ чи уыдзæн? — афарста цыппæрæм брига- ды бригадир Сослан. 275
— Азауитæ! Колхозон ■адаэм араст сты сæ куыстмæ. Фæсивæдæй чцдæр зæлланг хъæлæсæй ныццæлхъ кодта Æфхæрдты Хæсанæйы зарæг. Иннæтæ йæ айстой. Зарæджы мыртæ .æхсызгонæй нæрыдысты сæрдтан æрдзы хъæбысы. Цас дарддæр цыдысты адæм быдырон стантæй, уыйбæрц за- рæджы рæсугъд зæлтæ сабырæй-сабырдæр хъуыстысты. Мысост сæрыстырæй каст йæ адæмы фæстæ æмæ йæ зæрдæмæ бахъуызыд цавæрдæр сусæг циндзижад. Фæлæ машинæты кой й,æ зæрдыл куы 'р,балæууыд, уæд йæ "рфгуытæ фæтар кодта: знонæй нырмæ æнхъæлмæ кæсы мащинæты калоннæмæ. Горæты организащитæ колхоз- тæн хорæфснайыны рæстæджы зæрдæ бавæрдтой маши- нæтæй баххуыскæнынæй. Æмæ уæвгæ районы иннæ кол- хозтæй бирæтæм, уыдонймæ та «Уæлахизы» колхозмæ дæр знон фæзындысты. Фæлæ «Размæйы» колхозмæ ма- шинæтæ кæй нæма фæзынд, уый тыххæй мæсты кодта шофыртæм, æхсæвыцъæхæй уым стæм, зæгъгæ, мын куы загътой, уæд уый се ’хсæвыцъæх у? Æви рæстæг куыд зынаргъ у, уый не ’мбарынц?! «Мæ разæй та кæндзæн уыцы хуыцауы æлгъыст» — ахъуыды кодта Мысост Арысханы тыххæй. Мысост арвыл ногæй йæ цæст ахас- та, фæлæ йыл хæснагæн щ мигъы къæм не ссардæуыда- ид. Скаст Кавказы бæрзонд хæхтæм дæр, фæлæ уыдо- нæн дæр сæ цыргъытæ сфардæг сты æврæгъты хуылфы æмæ мæйрухсмæ мынæг æрттывд кодтой сæ ихайнæг фæрстæ..Уарын, гъе асæст бонтæй тæссаг нæ уыд. Æр- дзы æууæлтæ дзурæг уыдысты, кæй та скæндзæн ахс- джиаг кусгæ бон. Фæлæ Мысост йæх|инæн нæ фæары бынат сæрды рæстæг, уæлдайдæр та, мæнæутæ куы сцæт- тæ вæййынц, уæд. Цы хъæуы фыдбылызæн, искуы тæрк- къæвда, гъе их фæзынд, зæгъгæ, уæд сын бабын кæн- дзæн сæ фæллой. Зынаргъ у, тынг зынаргь сæрды алы минут дæр, æмæ уыцы рæстæгæн фаг чи аргъ кæны, уæ- лахиз дæр уый вæййы. Уымæн фæдзæхста Сосланы дæр. Æмæ канд Сосланмæ нæ хаудта Мысосты ныхас, фæлæ йæ колхозы æппæт адæммæ дæр. Уый бамбæрстой кол- хозонтæ сæхæдæг дæр. Фæлæ Мысост дзæгъæлы тыхст. Сæрды ахсджиаг рæстæгæн йæ адæм афтæ стыр аргъ кæй кодтой, уымæн 276
æвдисæн у фæскомцæдисон бригады æхсæвы сменæйы куыст æмæ найгæнæн м,ашинæйы иугæндзон тæр-тæр. Арвы кæрæттæ дзæвгар æрбарухс сты. Тæвд касы цар.вы къæртт куыд тайа, афтæ æхсæвы тар тайын бай- дыдта. Дзæйнæт йæ уæнгтæ ивазгæ станæй рахызт, фæ- цæйцыд йæхи æхсынмæ. Дардмæ ауыдта Мысосты иу- нæгæй лæугæ æмæ фæцымыдис, дысои бонмæ найгæн- джытимæ куы уыди, уæд хуысгæ цæуылнæ кæны, зæгъ- гæ. Тынг ын .фæтæригъæд кодта, зæронд лæг та сæрды карзы йæхицæн бынат кæй нал ары, уый тыххæй. — Дысон бонмæ найгæнджытимæ куы уыдтæ, уæд иу чысыл дæ фæллад цæуылнæ суадзыс? — хихсæны раз æрлæугæйæ, сдзырдта Дзæйыæт. — Ныртæккæ фæллад уадзынмæ кæй æвдæлы, — йæ мидбыл æнæбары бахудт Мысост æмæ та йæ каст скод- та фæндаджы ’рдæм. • Дзæйнæт ноджы тынгдæр фæтæригъæд кодта Мысос- тæн. Уый бафиппайдта, Мысост, машинæты колоннæ æгæр кæй фæстиат кæны, ууыл кæй тыхсы, уый. Æмæ куьшнæ тыхса! Нæ фæллой быдыры ис Æмæ ахæм ахс- джиаг куысты рæстæг æрмæст Мысост нæ, фæлæ колхо- зонтæ се ’ппæт дæр, уæлдайдæр та фæсивæд, æхсæв дæр пал фынæй кæнынц, тох кæнынц тыллæг афоныл æмæ æнæзианæй бафснайыиыл, паддзахады хæс æмгъуыдæй раздæр ахицæн кæныныл. Ныр дыууæ боны æхсæвæй- бонæй цы мæнæу фæнай кодтой, уый цæттæйæ лæууы машинæтæм бавгæнын æввонгæй. Æмæ машинæтæ куьт пæ фæзыной, уæд цы аиæна Мысост? Колхозæн йæхимæ цы транспорт ис, уымæй къуыримæ дæр нæ фæуыдзыс- ты мæнæу ласт паддзахады хæсмæ æмæ ма уыимæ дннæ куыстытæ дæр бакъуылымпы уыдзысты. Дзæйнæты фæндыд Мысосты тыхстдзинад истæмæй фæрогдæр кæнын, фæлæ ницы ахæм амал ссардта, æр- мæст ма дзы сирвæзт: — Омæ цæй æрæгмæ цæуы уыцы машинæты колон- нæ?.. Мысост æнæдзургæйæ станы раз дыууæрдæм кодта, арæх стыр фæндаджы ’рдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ. Ху- ры тынтæ схъазыдысты æврæгътыл, мæргътæ райхъал сты æмæ райдыдтой цъыбар-цъыбурæй зарын. Фæлæ 277
уымæй Мысосты тыхстдзинад тынгдæр цы фæци, æндæр ын ницæмæй срухс кодта йæ зæрдæ. «Ау, млшинæты колоннæ нæ фæсайдта? Уый та куыд? Ахæм ахсджиаг куысты бон!» — йæ къухтæ йæ сГлнтыл сæвæргæ, арф хъуыдыты ашыгъуылд Мысост. Æвиппайд йæ хъуыдытæ фескъуыдысты, йæ хъус- тыл ауад машинæты уынæр. Йæ мидбынаты фегуыппæг, айхъуыста, стæй згъорæгау акодта машинæгы ’рдæм. Фæлæ, уыдон, пыма, Мысосты уынгæ дæр4 нæ фæкод- тэй, уыйау фæдисæй «Уæлахизы» быдыры станы ’рдæм аюхуыстой. Мысост ма сæмбæргæ хъæр кодта, йæ худы тылдæй дæр сын амыдта æрлæуут, зæгъгæ, фæлæ ни- куы æмæ ницы. Исдуг сæ фæдыл джихæй кæсгæйæ баззад. Фæрсæджы каст бакодтой Дзæйнæтимæ кæрæ- дзимæ. Мысост ма иудзæвгар алæуу&д, хъуыдытæгæнгæ. Уæдмæ станæй рацыд, дысон æхсæвы сменæйы чи куыс- та æмæ ныр машинæты уынæрмæ чи райхъал, уыцы чызджыты къорд. Уыдон æнхъæл уыдысты, машинæты колоннæ фæзынд æмæ хор æвгæнынмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ сын Мысост бамбарын кодта, уыдон дæр та «Уаэлахизмæ» ацыдысты, зæгъгæ. — Дыккаг колоннæ дæр уыдонмæ? — джихæй афарс- та фæсивæды- бригадæйы раззагдæр цæгдар Хадизæт æмæ сбустæ кодта: — Æгуыст фестæм уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, фæлтау æндæр исты куыст райдайæм... Мысост бæлвырд нæ хатыд, цы бачындæуа, уый. йæ хъуыдытæ схæццæ сты. Фидарæй зыдта районæй йын машинæты колоннæ кæй снысан кодтой абонмæ æмæ ма йæ куыд фæсайдтаГлккой. Куыддæр йæ зæрдæ ’фæ- къæпп кодта Арысханмæ. «Уый дæлгоммæ митæ фæкæ- иы æмæ та мæ ныр дæр -ма афæлива», зæгъгæ. Фæраст фæндаджы ’рдæм, фæлæ, иу чысыл ауайгæйæ, цыдæр фæхъуыды кодта æмæ фæлæууыд. — Хадизæт, иинæ чызджыты аулæфын бауадзут. Дæ- хæдæг телефоны уæгъд мауал суадз. Бадзур райкоммæ, машинæты колоннæ, зæгъ, цы фæцис, — бафæдзæхста Мысост, йæхæдæг йæ худ арфдæр æркодта æмæ стыр фæндаджы ’рдæм арастис. 278
Машинæты колоннæйы фарст иу минут дæр йæ сæ- рæй нæ хицæн кодта. Цавæрдæр ныхмæлæууæг хъуыды- тæ йыи æнцой нæ лæвæрдтой. «Ау, уый та куыд? Дык- каг крлоннæ дæр «Уæлахизмæ»? Барæй? Æнхъæл нæ дæн. Рæдыдæй? Æмæ сæм мæ худ куы тылдтоы, хъæр сæм куы кодтон, уæд сæ иу адæймаг йæ машинæ æфсо- ны урæд уæддæр цæуылнæ фæкодта? Нæ, ам цыдæр ис». Æмæ ноджы тынгдæр йæ зæрдæ фæкъæпп кодта Арысханыл. Фæлæ паддзахадмæ хор дæдтыны рæстæ- джы колонæтæ асайд фыдракæндæй уæлдай нæ касти Мысостмæ æмæ кæд йе ’рдхорд Арьисхан кадыл мæлгæ у, уæддæр а’хæм ми бакæна, уый йæ æххæстæй нæ уыр- ныдта. Чызджытæ фæстæмæ сæ хуыссæнты сæхи æруагъ* юй. Дысоны куысты фæстæ æцæгæй дæр æгæр фæллад уыдысты. Уьшæй сæм бэны ноджы уæззаудæр куыст кæй æнхъæлмæ каст, уымæ,гæсгæ сфæнд кодтой, иу чьь сыл ма уæддæр афынæй кæнын. Æрмæст нал схуыссы- дысты Хадизæт æмæ Дзæйнæт. Хадизæт Мысосты фæ- дзæхстмæ гæсгæ телефоны аппараты цур сбадти æмæ рæстæгæй-рæстæпмæ дзырдта рапкоммæ, фæлæ ма æгæр раджы уыдис æмæ йын дзуапп ничи лæвæрдта. Мæс- ты кодта, тæккæ ахсджиаг куысты рæстæджы райком афтæ дзæгъæлæй кæй ныууагътой, уый тыххæй. Æппын- фæстаг ын хуыссæгхъæлдзæгæй дзуапп радта æхсæвы- гæс, райкомы ни-чи ис æмæ машинæты колоннæйæн дæр ни>цы зонын, зæгъгæ. Дзæйнæт йе ’хсыры бидон батылдта, уæларт цы стыр аг æвæрд уыдис, уый цурмæ æмæ æнкъардæй æрбадт чыз- джыты уаты размæ, бæлаюы бын цы даргъ бандон æвæрд уыдис, ууыл. Ныртæккæ Дзæйнæты хъуыдытæ дæр уы- дысты машинæты дыккаг коланнæ æмæ йæ хуыцауы æл- гъыст уарзон Дз|ибылимæ баст. Колоннæты коймæ йын йæ зæрдæ цыдæр фелхыскъ кодта. Йæ бындар фæуа адæймаг, кæд цæй диссаг у. Зæгъгæ, Дзæйнæтæн æнæ Дзибыл дунейы хæзнатæй стыр хорздзинæдтæ кæн, уæд- дæр сыл йæ къух .ауигъид æмæ æнæгуырысхойæ, зæ- гъид: «Ницæмæн хъæуынц мæн уæ хæзнатæ. Радтут мын мæхи Дзибылы. Уый у æппæт хæзнатæн сæ тæккæ зынаргъдæр!» Гъе, фæлæ йын машинæты дыккаг колон- 279
нæ йæ зæрдæ фелхыскъ кодта. Цæмæн? Уымæн æмæ кæд Дзæйнæты цæст уарзта Дзибылæн царды æппæт хорздз|инæдтæ дæр, уæддæр æй нæ фæндыдис æмæ еры- сы «Уæлахизы» колхэз фæуæлахиз уыдаид, «Размæйы» колхозыл. Фæндыд æй, сæхи колхоз канд районы нæ, фæ- лæ областы дæр номхæссæн куы баззадаид æмæ йæ<м иннæ адæмтæй хъауджыдæр тынгдæр куы хæлæг кодта- ид Дзибыл. Сæ колхозы раззатдæр адæймæгтæн бирæ- тæн куы радтиккой паддзахадон хæрзиуджытæ, социа- лжтоп геройы нæмттæ... Куы нæ йын ферох кæниккой йæхи дæр... Иу чысыл истæмæй йын йæ ном куы сса- риккой, уæддæр. Йæ цæстытыл ауад, цы хоры бæрæгбон скæникксш, уый. Райопы разамынд сæм арфæтæм цæ- уиккой, сæ къухтæ сын зæрдиагæй æлхъивиккой. Фæлæ дæ бауырнæд, мин къухы æлхъывды ’хсæн дæр Дзæйнæт- мæ Дзибылы къухы æлхъывд фæкæсид уæлдай фæлмæн- дæр, æмæ йын уый уаид уæлдай æхсызгондæр. Йæ зæр- дæйы ахъарид магпитау. Йæ цæстьпыл ауадис, Дзибылимæ йæ цард куы сбæдта. уæд куыд амондджып уыдзысты. Сæ дыууæ дæр куыстуарзон, æвзаджы бæсты сæрдасæнтæ дарынц. Хъæубæсты лæппутæ æмæ чызджытæ куыд сæ ,иуæй, афтæ иннæмæй дæр дзырд ракъахынæй тæрсынц. Цал хатты сæ фæлвæрдтой, иу хатт сæ уæддæр фæкъæм- дзæстыг кæнæм, зæгъгæ, фæлæ та-иу састы бынаты баззадысты сæхæдæг. Лæмæгъ кæрдæджы хал цыргъ цæвæгæй куыд ахауын кæпай, афтæ сæ фæхауын кæ- пынц Дзибыл æмæ Дзæйнæт дæр сæ цыргъ ныхæстæй. «Уæдмæ нын фæзындзæнис сывæллæттæ дæр, схъомыл сæ кæндзыстæм, цæмæй уыдоп дæр, сæ ныййарджытау, уарзой нæ дарæг колхозон зæхх æмæ йыл сыгъдæг зæр- цæиæ фæллой кæиой». Дзæйнæты рæсугъд хъуыдытæ фескъуыдта дардæй æрбайхъуысгæ зарæджы хъæлæс. Лæмбынæгдæр æм байхъуыста æ^мæ йæ цæсгомыл 'н1индзинады улæнтæ ахъазыдысты. Цырд фестад3 æмæ, бандоныл алæугæйæ, фæндаджы ’рдæм акаст. — Дзибыл! — цыма йæм дардмæ хъæр кодта, уыйау сирвæзт йæ зæрдæйы циндзинад. Стæй йæ бынаты са- 280
1ъæсгæнæгау, фæстæмæ æрбадт. Йæ зæрдыл та æрба- лæууыд машинæты колоннæ. — Дзибыл, Дзибыл кæнын, фæлæ та ма фæразæй уой. Дзибыл «Размæйы» стаиы цурмæ куы’ рбахæццæ, уæд фæуагъта йæ зарьгн æм»æ тынгдæр æрбайхъуысти уæрдоны цæлхыты уынæр æмæ Дзибылы дзурын; —Гъе, æрлæууыдтæ т.а? Арæбын æллæх, мæнæ бæх, колхоз «Размæйы», дын цæхх ныччындæуыд’ис, æви цы’ хабар у? Дæ къæхтæ та куы ныццæхгæрмæ кодтай? Уæвгæ Дзæйнæты дзæбæхтæ ды мæрдты дæр хъуамæ ма ферох кæнай æмае уæлæуыл дæр, стæй, цыма, мæхи дæр афтæ фæнды! — Дзибыл йæ бæхимæ барæй хъæрæй дзырдта, цæмæй йæм Дзæйнæт фæзындаид. Фæлæ Дзæйнæт зынæг нæ уыд. Уый фæсфæд æрæмбæхст æм<æ уырдыгæй хъуыста Дзибылы ныхæстæм. Фæлæ Дзибыл ащæунвæнд нæ кодта. Кæрæфбег дык- каг колоннæ куыдæй басайдта сæхимæ, уый Арысханæн мидбылхудгæ куы дзырдта, уæд сæм Дзибыл сусæгæй хъуыста æмæ йыл цыма жчи уазал кон бакалдта, афтæ фæци’с. Алывыд акалыпы бæсты йын Арысхан æппæлæджы хост йе уæхск æркодта æмæ йын афтæ: — Гъеныр иугаер >ме ’рдхорд Мысосты хæрамы ба- цыдыстæм, уæд хор тагъддæр æвгæнгæ ут машинæтæм æмæ йæ фæдисæй ласæнт элеватормæ. Канд «Размæйы» колхозы нæ, фæлæ райоиьг иннæ колхозтæй дæр нæ ра- зæй хъуамæ макæй ауадзæм. Дзибылмæ раст нæ фæкаст Арьгсханы ми. Фидарæй йæ уырныдта, Кæрæфбег æнæ уый бафæрсгæ, кæй нæ ацыдаид иолоннæйы размæ, кæд Мысостмæ цыфæнды хæра’м у, уæддæр. Æ-мæ Дзцбыл уæвгæ нæ рæдыдис. Дысон æмбисæх- сæвтæм æввахс Арысхан райхъал сæ быдырон станы. Ахсджиаг куыстафон, уый дæр, Мысостау, йæхицæн бы- нат нал фæары. Сыстад æмæ æттæмæ рацыд. Уыд æгуыппæг мæйрухс æхсæв. «Ахæм æвæджиау æхсæвæй ма опайда кæн!» Фæлæ фæсивæды йæхæдæг ауагъта хъæумæ. Быдыры сæ чи баззад, уыдон та станы ад- джын фынæй кодтой. Уæдмæ йæ хъустыл ауадис, ныры- 281
онг доны сæр-оæр æнхъæл кæмæн уыдис, ахæм уынæр. Лæмбынæгдæр æм байхъуыста æмæ базыдта найгæнæн машинæйы тæр-тæр. Исдуг йæ хъустыл .не ’ууаеВДвдис, отæй бацыд æмæ Кæрæфбеджы райхъал кодта. Дыууæ- йæ ацыдысты, машинæты хъæр кæцæй хъуыстис, уыцы- рдæм. Ца>с сæм æвваходæр цыдысты, уыйбæрц лæмбы- нæгдæр хъуыст найгæнæн машинæйы хъæр. Уьгй уыдис «Размæйы» .колхозы найгæнæ?Г ма'ш|инæ. «Ра’змæйы» фæоивæд, мæйрухс æхсæвæй пайдакæнгæйæ, гъæйттæй куыстой. Уæдмæ Арысханы хъустыл ауадис Мысосты ныхас: — Гъæйтт, мæ хуртæ, иунæг къуыри нæ цырд фæлæу- уын хъæуы æмæ уæд канд Арысхаиы нæ, фæлæ районы ипнæ колхозты дæр фæстийæ фæуадздзыстæм. — Фендзыстæм, кæддæра цы фæуадзис! — бартхъи- рæи æм кодта сусæгæй Арысхан æмæ уæд бауынаффæ кодтой Кæрæфбегимæ машинæты дыккаг колоннæйы расайын дæр. Дзибыл уыцы мæнгард хъуыддаг куы базыдта, уæд иннæ хæттытæй раздæр баифтыгъта йæ бæх æмæ йæ фæндаг ракодта а-раджы «Размæйы» станыл. Фæндыд æй хъуыддат Дзæйнæтæн зæгъын, цæмæй Мысост йæ машинæты колоннæ афоныл фæстæмæ байса-. Гъе, фæлæ йын «Размæйы» станы фаромæ бæхимæ æгæр ныхас куы бацайдатъи, уæд æм йæ æмбæхст бынатæй рацыди Дзæйнæт æмæ йын бауайдзæф кодта: — Де ’фсæртæ та феуæгъ’д сты, æви цы хабар у? — Цы хабар у, цы, абон уæ машинæты колоннæмæ æнхъæлмæ’ма кæсут! — рæхуыстæй загъта Дзибыл æмæ ма йæ ныхасмæ афтыдта, — Кæрæфбег уæ хæлиудзыхæй фæуагъта. Нæхимæ йæ ба-мидæг кодта æмæ ныр дыууæ колоннæйы дæр сæ тæккæ даат мах хорæй, афтæмæй, зуыгъ-зуыгъгæнгæ, фæцæуынц элеватормæ. Дзæйнæтæн æнæнхъæлæджы хабар йæ маст рахои- дын кодта. Æвæццæгæн ын |»счи йæ зæрдæйы кард куы фæтъыстаид, уæд ын уый æнцондæр уыдаид. Айтæ-уй- тæ нал фæкодта, фæлæ базгъордта^ æмæ уаты рудзгуы- тæ фегом кодта, иу къуымæй дзæбуг фелвæста æмæ бæ- ласы; цонгыл ауыгъд релсы лыггаг фæдисы цагъд нык- кодта. 282
— Уьгй æдзæсгомдзинад у! Мах уæ æттæг-мидæг ауа- пын кæндзыстæм! Ныртæккæ уын Мысост фенын кæн- дзæп! — Дзæйнæт азгъордта, чысыл раздæр Мысост кæ- цырдæм ацыд, уыцырдæм. Хъуыддаг нæ бамбаргæйæ, Дзæйнæты фæстæ азгъордта Хадизæт дæр. $ * * Колхоз «Уæлахизьг» уæзласæн машинæ фæшваедæй уыд йедзаг, афтæмæй тахтис хуымты астæуты фæнда- гыл, йæ фæстæ бæзджын бургъуыз рыг уадзгæйæ. «Уæ- лах|изы» куыстуарааг фæсивæды хъал зарæг æмæ ирон фæндыры аи.з зæлтæ бæстæ -арыдтой. Уæлдайдæр, «Раз- мæйы» колхозы быдырон стантæм куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд сæ хъæлæстыл нал ауæрстой. Бирæты сæ фæндыди «Размæйы» чызджыты ма быдыры станы ный- йафып æмæ сæм дардæй уæддæр бакæсын. Ахæм бæл- джытæй уыди Хæсанæ дæр. Уьгмæн иу минут дæр йæ зæрдæйæ нæ цух кодта Азауы уарзондзинад, фæлæ йæ- химæ мæсты -кодта йе-’нæныфсдзинады тыххæй. Уæвгæ йæ цал æмæ цал хатты фæндыд уыимæ фембæлын æмæ баныхас кæнын. Фæлæ-иу куы сæмбæлдысты, уæд-глу йе ’вааг йæ комы ныххаудта, ницы уал ын-иу загъта. Хæсанæ хъуыды кодта афтæ: «Мæ зæрдæйы æнкъарæн- тæ зæгъын ын нæ фæразын». Хæсанæйæн-иу æхсызгои уыдис дардмæ Азауы иунæг фенд дæр. Фæндыд æй, ныртæккæ дæр æй дардмæ куы фенид, уæд ын цыма йæ куысты бон фылдæр баптысид, афтæ йæм каст. — «Уæлахизы» шофыр Цыммырз, Арысхан мын куы бауайдзæф кæна, зæгъгæ, цæмæн байрæджы кодтай, уымæй тæрсгæйæ, не ’взæрста дурджын æмæ лæгъз фæндæгтæ. Млшипæ тардта фæднсы хуызæй дзыхъ- хъытæ æмæ къуыппыты сæрты. «Размæйы» станмæ хæс- тæг дзыхъхъы сæрты уыцы |и.у тахт куыд бакодта, афтæ къуыппыл йæхи скъуырдта æмæ атыдта машинæйы цал- хы чъил. Шофыр фæурæдт.а æвиппайды. Фæсивæд схор- хор кодтой, райхъуыст ныхæстæ: «Арæби, æххæст ма нæ куы ньгххæццæ к’одтаид. Дæ хорзæхæй, Цьшмырз, дæ цæстытæ >кæм уыдьгсты, кæдæм ма кастæ?! Ныр цалын- мæ ды ракæ-бакæ кæнай, уæдмæ зынаргъ куысты рæс- тæг дзæгъæлы саф». 283
Шофыр зыдта йæ аххос æмæ фæсивæды уайдзæфтæм ницы сдзырдта. Хæсанæйы фæдыл маш1инæйы гуыффæйæ радгай ра- гæппытæ кодтой фæсивæд. Аракæс-бакæс кодтой, стæй Хæсанæ загъта: — Мæнмæ гæсгæ ам æнхъæлмæ кæсын махæн ницы пайда у. Нæ фæндаг цыбыр кæнæм! — æмæ ма, Цым- мырзмæ бакæсгæйæ, бафтыдта йæ ныхасмæ, — машинæ нæ кæм æрыййафа, уым ьгл сбаддзыстæм, н.ауæд мыййаг æгæр куы байрæджы кæнæм. — Уыцы ныхæстæ з’æгъгæ- йæ, Хæсанæ фæраст быдыры ’рдæм, йæ фæстæ та иннæ- тæ дæр. Бацайдагъ та сын зард. Хæсанæ æмæ Цæргæс пы- дысты фæсивæды разæй. «Размæйы» станы цурмæ куы бахæццæ’сты, уæд сæ зард æмæ . фæндыры цагъдмæ чызджытæ рагæр-гæр кодтой. Цъæх нæууыл сцырен ис къæрццæмдзæгъдæй хъазт. «Уæлахизы». фæсивæдæй иу худæджы кафт æркодта æмæ æрхатыд Сырхауты Хæса- ыæмæ. Уый нæ разы кодта. Уыцы рæстæджы, йæ иæс- гом сырх цæхæрайы хуызæн, афтæмæй хъазты фæдисæй смидæг Дзæйпæт æмæ уыцы иу тъæлланг фæкодта чыз- джытыл: — Цы;-м/и1 кæнут ай? Уæ сæртæ уæ уæлæ сты, æ^и? «Уæлахизы» колхоз нын нæ машинæты колочнæ асапд- та! «Размæйы» чызджыты циндзинад æрбатар. Хорзау нал фесты «Уæлахизы» фæсивæд дæр. Уæдæп пырмæ уарзæгой цæхæр цæстытæй кæрæдзимæ цы чызджытæ æмæ лæппутæ кастысты, уыдонæй иуты æрфгуытæ фел- хынцъ сты æмæ тар æнгасæй кастысты, иннæгæй та би- рæтæ сæркъулæй сæ цæстытæ зæххы пыццавтой, сæф- сæрмы сты, ерыс кæимæ кодтой, уыдонмæ хомкоммæ ба- кæсыпæй. Сегасæй тынгдæр йæхицæн бынат нал ардта Хæса- лæ. Уый, цыма йыл |лсчи уазал доны къæрта бакалдта, афтæ фæцис. Уын разы уыд ныртæккæ Азауы раз зæх- хы скъуыды ныххауыныл. — Худинаг та уæм куыд нæ кæсынц ахæм митæ, раз- заг колхоз! — бауайдзæф сын кодта Азау. -— Æзи хæ- райдзииадæй фæуæлахиз уæвынмæ хъавуг. — );'æвгæ 284
сын Азау кæд бауайдзæф кодта, уæддæр нæ зыдта «Уæ- лахизы» фæсивæды акхос. Уæлдайдæр та ехсæвæттæпы хъæуы уыдысты, колоннæйы асайд та быдыры æрцыд. Фæлæ ныртæккæ аххосджын чи у æмæ чи нæ у, уый æв- зарыны рæстæг нæу, стæй уый æвзарæг уыдзæп. Фæл- тау рæстæг сафæн нæй? — ахъуыды кодта нæхинымæ- ры æмæ «Размæйы» чызджытæн загъта: — Чызджытæ, рæвдздæр уæ кусæнгæрзгæ рапсут æмæ иууылдæр кусынмæ. «Уæла:<1и'зы» фæсивæд дæр сæхи айстои. Хъазты фæзы ма аззадысты Хæсанæ æмæ Цæргæс. — Мæнæ нæ куыд фæхудинаг кодтой. Уый та дын дæ фыд Арысханы митæ! — смæсты Цæргæс. —«Ау. куыд ба-кодтаид афтæ! — æнæбары сдзырдта Хæсанæ. Уæвгæ мур дæр пæ фæгуырысхо Цæргæсы ны- хæстыл. Бæлвырддæр куы ахъуыды кодта, уæд æй тынг фидарæп бауырныдта уый æрмæстдæр Арысханы ми кæй у| стæй уымæй дæр Кæрæфбегимæ. Дысон дзæгъæ- лы нæ бацырен кодта фæсивæды хъæумæ ацæуынмæ. Уьгмæй ныл куыд сайдæй рацыд. «Фæсивæд, ралæууыд тæккæ зыпаргъдæр куысты рæстæг. Нæ мæнæутæ æфс- найын афон, паддзахадмæ хордæттыны ахсджиаг раас- тæг у. Рох уæ ма уæд, районы цæугæ Сырх тырыса мах- мæ кæй ис, уый. Ма1 мын фæхудинаг кæнут мæ зæронд сæр! .Ме ’рдхорд Мысост мын мæ тырыса мæ къухтæй куы атона, уæд нæ фехъуыстон ма зæгъут. Ныр сæм дыу- уæ боны æхсæвы сменæ кæй кусы найгæнæн машипæ, уый уæ зæрдыл дарут. Æхсæвыцъæхæй уæм æнхъæл- мæ кæсдзьгиæн». Цы у, уымæй бæсты х!ин æмæ кæлæн. Фæлæ афоимæ какосындзытыл бадæгау кæны, йæхи- цæн бынат нал ары машинæ цæй æрæгмæ цæуы, зæгъ- гæ, хъуыды кодта Хæсанæ Арысханы тыххæй. Æцæгæй дæр машинæ æрæгмæ куы цыдис, уæд йæ размæ рацыд æмæ цымыдисы та куыннæ бахаудта, сæумæцъæхæй «Размæйы» станы <цур фæсивæды кафгæ куы федта, уæд. «Гъæ, куыдзы хъыбылтæ, æз сæм, сындзытыл бадæгау» æнхъæлмæ кæсын, уыдон та ам цы ми кæнынц»—æмæ сыл дардæй иыхъхъæр кодта: — Гъæй, гъæй, уæ зонд фæцыд, æви уым цы ми ,кæ- пут?! 285
Арысхаиы хъæрмæ Хæсанæ æмæ Цæргæсы цурмæ рауад ссадæйдзæгтæй Дзæйнæт æмæ, хъæр кæцæй æр- байхъуыст, уыцырдæм акаст. — Цом, Хæсанæ, тагъддæр, науæд та бæстæ йæ сæ- рыл хъæрæй хæсдзæн! — Нæ, нæ, Цæргæс, фæлæуут! — фæкодта Дзæйнæт, —сымах дæр ын исты зæгьут. Кæсут-ма йæм, йæхи Би- тъыры хъазау, куыд аокъæрдта бидаркæйы. Тасгæ-уас- гæ ссæуы. Ахæм дзы куынæ уа æрдхорд. Мысост ыл къæм абадын нæ уадзы, уый та йын цы митæ кæны. Ба- дилатæ уын ницьг бавæййьшц, мыййаг, -Хæсанæ? — Мæнæн ницы бавæййынц. Уæдмæ стыр фæндаджы ’рдыгæй, Цыммырзимæ загъдгæнгæйæ, фæдисы къахдзæфтæй æрбацыд Мысост. — Æвæццæгæн та дæ фæстийæ фæдисæттæ сырдтой. Æнæмæтзæрдæ ма у. Цæугæ, уæртæ мах сарамæ æмæ дзы иу далх ратул. Дæх1ион куы баныхасай, уæд-иу æй сæмбæлын кæн бынатыл. Цыммырз исдуг фæджих, фæлæ дзы Мысост хъаз- гæ нæ кæны, уый йæ куы бауырныдта, уæд азгъордта машинæйы цалхмæ. Фæеивæдæй Мысостмæ комкоммæ бакæсын ничи уæндыдис. Æфсæрмы дзы кодтой, машинæты колоннæ- йы .асайды тыххæй. Фæлæ а^фтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, Мысост хабар нæма зоцы, æмæ сæ фæндыдис тагъддæр «Размæйы» станы цурæй ацæуын. Фæлæ Мысост нæ тагъд кодта мидæмæ. Уый федта Арысханы æрбацæй- цæугæ.Æмæйæм æнхъæлмæ каст. Арысхан, мæстæй цæ- хæртæ калгæ, дæф арсы згъорд æрбакодта фæсивæды цурмæ æмæ сæ загъды бын фæкодта1: — Райоомæй нырмæ кæм зæххы скъуыды ,ныххау- дыстут? Уым, цæджджинагау, куыст æхОидгæ куы кæ- ны, уæд сымах та ам цы ривæд кæнут?! — Машинæйы ца.лх атыдта æмæ...—дзуапп радта фæ- сивæдæй чидæр. ■ — Æмæ кæм ис уыцы хæлиудзых шофыр та? — Мæнæ нын Мысост цалх радта æмæ уымæ ацыдис. Арысхан, цыма уæды онг Мысосты нæ федта, æмæ млшинæты колоннæйы асаидæн дæр ницы зоны, афтæ йæхи дардта, стæй йыл гæды цинтыл схæцынмæ хъавыд. 286
— Бузныг, æгайтма нын нæ къух ацарæзтай. Цæй, куыд дæм цæуы куыст? Исты дын æнтысы, æви нæ? Мæнмæ раст цæджджинатау, æхсиды. Дæлвæзтæ æр- карстам æмæ уæлвæзмæ бахызтыстæм. — Арысхан фем- бæрста, Мысост тьгнг мæсты кæй у, уый. — Фыццаг хатг мæ уыныс, æви мæм хæцаг галы каст цы кæныс райсо- мæй раджы? — Дæхицæй та куыннæ æфсæрмы кæныс? Цæмæн мын акодтай мæ машинæты колоннæ? — тызмæгæй ба- фарста Мысост. «Уæлахизы» фæсивæд хорзау нал фесты. — Цæй машинæты колоннæ? — йæхи нæзонæг скод- та’ Арцсхан.—Æрæджиау æвæндонæй ныххудт. — Уæ, ард дæ хæдзары, фæтæрсын мæ кодтай? Мæ зæрдæйæ ма цæуыл дзурыс. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр маши- нæты колоннæ. — Уый та цы хоныс? — Арæб1и'., Кæрæфбег сæ рæдыдæй æркодта æмæ мæ- нæу куы бавгæдтам, уæд ма сæ чи ’вдæлон кодта? —- Æмæ дыккаг колоннæ та? — Омæ æз дæр дьжкагæй дзурын. Загътон сын, фæ- лæ нæ зоныс хивæнд шофырты, нæ ракуьгмдтой. — Æз æппæт дæр зонын, уæдæ. Ды та æдзух афтæ рæдийыс. Æндæраз мын мæ фосы хизæнтæ бацахс- тай — рæдыдæй! — Омæ дæ цæмæн хъæуы уыйбæрц хизæнтæ? Цы дзы хизыс? Тæхын дын чи нæ фæразы, уыцы мыдыбын- дзытæ, æви дæ лæгуынкъубал кæрчытæ? — Фарон мын мæ угæрдæн æркарстай, — йæ ныхас мæстджынæй кодта дарддæр Мысост, — уый дæр рæды- дæй! — Дæо мæкъуылы, — йæ къух атылдта Арысхан, — кæд дæ нæ фæнды. Æз дын сæ тæккæ абон дæр бафид- дзынæн дывæрæй. Фæлæ сæ цы кæныс? — Уый дæ хæдзары уыпаффæ нæу! Ацы аз та мын мæ машшнæты колоннæ ^акодтай! Уый дæр рæдыдæй. Фæлæ дæ зæрдыл дар, ахæм хъуыддæгтæ дын нал ныб- бардзынæн! — Иниæрдæм куыннæ рæдийы, — Мысост æмæ Арысханы ныхасмæ йæ дзырд баппæрста Дзæйнæт. 287
— Мысост раст у, хорз нæ бакодтам, — бауайдзæф кодта Хæсанæ дæр. — Ды та кæцытæй дæ! — фездæхт йæ фыртмæ Арыс- хан. — Мæ фыды фыд дæ æви ч:и дæ, цы мын уынаффæ кæньпс?! Цы м.и кæнут ам?! Акаас-ма уыдонмæ, телы хъæдты хуызæн сдаргъ сты. Уый бæсты уæ машинæмæ’ фæкæсут. — Арысхан зулдзастæй бакаст Дзæйнæтмæ:-- Ды дæр цæугæ æмæ дæ хыссæ змæнт. — Мæ хыссæимæ дæу ницы хъуыддаг ,ис! — тызмæг дзуапп радга Дзæйнæт æмæ ахызт дуармæ. Арысхан Мысосты цонгыл æрхæцыд æмæ йæ фæси- вæды цурæй иуфарс ракодта. — Æрдхорд ма> дзы хуыздæр цы уа. Дзидзидай сы- вæллæтты цур мæ къуымы бакæн! — йæ гæды ’взаг ас- къæрынмæ хъавыд Мысостыл. — Рох дæ ма уæд, Арысхан, æхсæнадон хъуыддаг цы æрдхорддзинад хала, уый мæн лæварæи дæр нæ хъæуы. Æрдхорддзинадыл дæ зæрдæ кæй дардтай, ахæм ми дæр уымæн бакодтай. Стæй дын æргом куы зæгъон, уæд дæм рагæй хатын хи уарзондзинад. Æр- мæстдæр иунæг ды бацахс фыццаг бынат, иунæг ды ра- цу размæ. Фæлæ куыдæй цæуыс р.азмæ, куыдæй бацах- сьгнмæ хъавыс фыццаг бынат? Хинтæ-æмæ кæлæнтæй? — Ерыс быцæу у,, дугъ æмæ æз тох и<æнын, быцæу- гæнæджы фæстейæ фæуадзыныл. — Куыдæй? — Уый мæиæн уæлдай нæу. — Гъе, гье, ерыс хæрам быцæуы хуызæн кæй æмба- рыс, уымæн ныллæууыдтæ рæдыд фæндагыл дæр. — Фендзыстæм! — бартхъирæн кодта Арысхан æмæ цæхгæр фæзылд. Мысост; иудзæвгар æнæисты сдзургæйæ, йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. 2 Партийы обкомы ног секретарь Мæрзойы фырт тагъд кодта Фарны районмæ. Цæвиттоны хъуыддагæн, иугæр Зилгæдоны тъæпæны нартхор куы бабын, уæд уый Радиты Дударæн уадиссаг хъыг нæ уыд. Уымæн бирæ хъыгдæр уыдис, уый æвæндонæй йæм къанау аразыныл кæй сбæндæн сты. Æмæ æппæт уыцы хъуыд- дæгты Дудар аххосджын кодта Уарийы. 288
Уарийы æрцыды размæ районы йæ ныхасыл дыууæ зæгъæн нæ уыдис. Аргъ ын кодтой канд йæ_ бынатæн нæ, фæлæ йæ карæн дæр. Дудары разæй районы адæм хъуыддагмæ никæмæ цыдысты. Фæлæ Уарийы æрцы- ды фæстæ афтæ нал у. Ныртæккæ ахсджиагдæр хъуыд- дæгты тыххæй фыццагдæр фæмидæг вæййынц Уаримæ. Дудар сын ахызти дыккаг бынатмæ. «Æмæ йын кæдмæ хъуамæ барон?» Уалдзæг Зилгæ- доны тъæпæны ба’кæныныл куы ныллæууыдысты, уæд уæвгæ Дудар хъавьгдис областы разамонджыты раз фарст сæвæрын, фæлæ йыл бæлвырддæр ,куы ахъуыды кодта, уæд загъта: «Æмæ дзы кæд æрзайдзæн, уæд та? Рагацау цъиуфæдис цы кæнон?» Уый фæстæ хурджын аз куы ахаста, нартхор сæфын куы байдыдта, уæд уæвгæ йæ хъуыдыйы уыд уыцы фарст ногæй сæвæрын, æмæ та йæм уæдмæ къана^г сарæзтой. Фæлæ раивылд дон æмæ ауæзты аласта, бабьин Зилгæдоны тъæпæны нартхор. Дудар уæд сфæнд кодта Хестаны фыртæн йæ бон базонын кæнын. Æмæ кæд нæма зыдта партийы об- комы ног секретарь Мæрзойы фырты, уæддæр ыл-уы- мæ бахъаст кодта, зæгъгæ, Хестапты Уари йæхимæ æгæр стыр бартæ исы, арæх кæны, райопæн зиан чи хæссы, ахæм хъуыддæгтæ. Дæнцæгæн æрхаста Зил.гæ- доны тъæпæны æмæ уымæ къанау кæй сарæзтой, уый. Райæ^хæсткомы бухгалтерæн банымайын кодта, рæс- тæмбисæй уыцы куыстытæ цæй аргъ слæууыдаиккой, уып æмæ сæ йæ хъасты бафыста, Фæлæ обкоммæ къаддæр хъæстытæ нæ бацыд Ра- диты Дударæн йæхи æдзæллаг куысты тыххæй. Схæц- цæ партийы обкоммæ «Размæйы» машинæты асайды хабар дæр. Гъе, уымæ гæсгæ фæтагъддæр кодта Мæр- зойы фырт ацы районмæ йæ цыд, кæд æй уымæй раз- дæр фæндыд хохкусджыты, маданты æмæ хицæн посе- локты абæрæг кæнын, уæддæр. Машинæйы йæ фарсмæ бадти республикæйы газеты уацхæссæг Хабарты Аслан. 3 Сосæ фæндаг цыд областы центрæп Фарныхъæуы 1æккæ астæуты. Мæрзойы фырты фæндыд тагъддæр 19* 289
куы базонгæ уаид канд Фарнимæ нæ, фæлæ рапоны иннæ хъæутимæ дæр. Фæндаг уыд къорд ран бынтон хæлдтытæ. Æрæджыйы тыхджын уарыны фæстæ, фæн- даджы дзыхъхъытæ бирæ рæтты дзаг уыдысты донæй. Чысыл доны сæрты цы хид арæзт уыд, ууыл машинæ куы батахт, уæд хиды уæгЬд фæйнæджытæ мидбынаты кафæгау кодтой. — Æвæджиауы фæндаг æмæ æвæгæсæджы фыдæй куыд у,— ахъуыды кодта Мæрзойы фырт. — Иу цал- дæр уæрдоны йедтæмæ ма йын хъæуы змис æмæ дур- тæ. Уыдон тчыххæй фæндаг æгуыдзæгмæ æруадз. Кæ- нæ уый .цавæр хидтæ сты паддзахадмæ хордæттыны тæккæ ахсджиагдæр рæстæджы? фæндагæн æндæр аргъ ма кæн... Машинæ-иу куы фесхъиудта, уæд-иу хæрдмæ фæ- хаудтой сæ бынæтты Мæрзойы фырт æмæ Хабарты Ас- лан. — Ахæм фæндаг у машинæты емынæ. Цавæр маши- нæ йыл бафæраздзæн кусын? — фæндаджы тыххæп йæ хъуыды загъта Хабарты Аслан дæр. Дардæй æрбазынд Фарныхъæу. Агуыри дурæй æм- бæрзт хæдзæртты сæртæ, цыма, исчи сойæ байсæрста, афтæ æрттывтой сæууон хуры рухсмæ. Хæдзæртты фылдæр хай нымбæхст дыргъбæлæсты хъæбысы. Рæсугъд у, тынг рæсугъд Фарныхъæу. Арæх æй хо- нынц Ногхъæу дæр. Уьий кæд уыд фыдæлтыккон хъæу, уæддæр сæйрагдæр сырæзт æмæ срæсугъди Советон дудж’Ы, революцийы хæд фæстæ. Хъæуы цæрджыты фылдæр хай у, раджы хохы мæгуыр æмæ гæвзы-ккæй йæ бонтæ чи ’рвыста, хуры рухс чи нæ уыдта, царды ад чи нæ зыдта, фыдæй фыртмæ зæйы бын чи сæфт, быдырмæ, уæрæх„быдырмæ алидзын йæ хуыздæр бæллиц кæмæн уыдис, ахæм фæллойгæнæг адæм. И.с дзы, сы- хаг хъæутæй йæмв чи балыгъд, ахæмгæ дæр. Ам фыц- цаг хатт мæгуыр хохаг сæрибарæй айвæзта йæ уæнг- тæ. Æрхæцыд йæ цардмондаг къухтæй гутоныл. Арф æй ныссагъта сау мæр сыджыты æмæ дзы уæрæх бы- дырты акодта дæргъæй-дæргъмæ хахх. Нæ йæ уыд хъыгдарæг. йе ’фхæрд буар ын тавта рæсугъд уал- дзыгон бон. Фыццаг хаххы фæстæ æрурæдта йæ бæх, 290
ракаст фæстæмæ дызæрдыгæй æмæ йæм куы нæ уыди лæбурджытæ, куы нæ йæ уыд æфхæрджытæ, уæд сау зæххыл ныффæлдæхт, ныхъхъæбыс æй кодта æрттæ тыгъдæй, цины цæссыгтæ фæзындысты йæ рустыл æмæ. зæххæн апъакæнгæйæ, загъта: — Цæргæ-цæрæнбонты дæумæ фæбæллыдтæн, бы- дырты хæзна, гæмæх æмæ дæрзæг къæдзæхты сæрæи æмæ дæ цæй хорз ссардтон. Фыццаг хатт адæймаджы æцæг амонд ам бамбæрс- та хохаг лæг. Фариыхъæуы сæрмæ æрхызт Хабарты Аслан. Ма- шинæ та цыдис хъæугæроны ’рдæм. Асланы зæрдæ барухс хъæуы раасугъд уындæй. йæ сæрæй йæ бынмæ цыдысты фæтæн æмæ даргъ уынгтæ. Иу тигъы фæзилæны сыхаг уынгæй æрбайхъуыст ирон фæндыры цагъдьг рæсугъд мыртæ. Уддзæф цы зарæ- джы екъуыддзæгтæ æрбаскъæфта, уыдонæй дæр зæ- гъæн уыдис, фæндыр кæй ис дæсны цæгъдæджы къух- ты. — Цы хъуамæ уа ам? — ахъуыды кодта Аслан. — Уый, æвæццæгæн, колхозы фæсивæд клубы сарæзтоп хъазт. Асланы фæндыдис районы æмæ колхозы раза- монджыты разæй хъæубæстæй искæйтимæ фембæлын, аныхаскæнын, ды хъуыддаджы фæдыл æрцыд, уын тыххæп. Уый фæстæ йын æнцондæр уыдзæн районы разамындимæ дæр ныхаскæнынæн. Иу тигъы фæзилæ- ны Аслан фембæлд Бадджериты Цæргæсыл. Арфæ йын ракОдта, афæрстытæ пæ кодта колхозы тыххæй. — Куыстытæ тынг рæвдз цæуынц, — йæ сæрыл уæлдæр охæцгæйæ, бакодта Цæргæс. — Цæст дæр сыл нæ хæцы цæст, — уæлдайдæр та куы базыдта, Аслан республикæйы газеты уацхæссæг у, уæд. — Мах кол- хоз «Уæлахизы» хуызæн районы нæ, фæлæ, æвæццæ- гæн, республикæйы дæр нæй. Æниу иæм ахæм сæрдар ис, Арысхан. Хабары фырт, сабыр къахдзæфтæгæнгæ, цыд размæ æмæ æнцад хъуыста Цæргæсы ныхæстæм. Цæргæс кæд иуæй-иу хатт æгæр тынг æппæлыдис сæ колхозæй, уæд- дæр, цыма, æвæндонæй дзырдта, афтæ каст Асланмæ. Æмæ æцæгæй дæр Арысхан Мысостыл сайдæй куы ра- 291
аылд, уæд Цæргæсы зæрдæмæ уыцы хъуыддаг нæ фæ- цыд. Æмæ офæнд кодта йæ зæ^дæйы цы мæстытæ æр- æмбырд, уыдонæй иу чьгсыл Асланæн радзурын. Фæлæ йын Асланы ног фарст фескъуыдта ’йæ сусæг хъуы- дытæ. — Уæд уæм найгæнæнты куьпстытæ та куыд цæуынц? — Фаронæй бирæ рæвдздæр. — Ома? — Машинæ машинæпы фæдыл æрвитæм элева- тормæ. — Уый хорз хъуыддаг у. — Æндæрæбон нæ сыхæгты машинæты колопнæ дæр махæн æххуыс кодта, — Аслапмæ йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакæнгæ комкоммæ бакаст Цæргæс. — Уый та куыд æххуыс кодта, сæхæдæг фесты хор æфснайд? — Сæхæдæг пæма фесты, фæлæ афтæ куыддæр ра- уад, — къуызгæ дзуапп радта Цæргæс. — Гъе, гъе, куыд рауад, уый ма мын бæлвырддæр ра- дзур, — Цæргæсы цонгыл æрхæцгæйæ, бафарста Аслан æмæ, рагон хорз зонгæтау, сабыргай фæцæйцыдысты уæрæх уынтты дæлæмæ. 4 йæ дзаумæттæ хуылыдз æмæ цъьифæйдзæгтæй сæ- химæ фæзынд Арысхан. йæ цырыхъхъыты цъыфтæ асины .фыццаг къæгахæны фарсмæ цъыф сæрфæныл сыгъдæггæнгæйæ, адзырдта æдтæрдæм: — Агуыбе, уыцы бæх суадз, хорз æй цынай тухæ- нæй йæ амардтон райсомæй нырмæ. — йæхæдæг бацы- ди мидæмæ æмæ тыргъы æрбадт. Йæ уæнгтæ айвæзта æмæ йе ’фоинмæ бадзырдта: — Дзыргъа, цы фæдæ, цы? Арыоханы хæдзар уыд фæндаджы был тæккæ ти- гъыл. Бæрæгбоны арæзтæй æрбацæйцыд Дотти æмæ дардмæ куы ауыдта Агуьибейы бидаркæйы бадгæ, уæд йæ къахдзæфтæ фæтагъддæр кодта, зæгъгæ, мæн дæр йæ бидаркæйы клубы онг сдавдзæн. Фæлæ йæ Арыс- хан федта ^емæ йæм мæстджынæй, тар æрфгуыты бы- 292
яæй ракаст, схъæртæ кæнынмæ йыл хъавыд, фæлæ йæ- хиуыл фæхæцыд æмæ йæм сабыргай сдзырдта: — Дотти, ардæм ма рауай! Дотти бащыд Арыоханты дуармæ æмæ йын, кауыл банцойкæнгæйæ, раарфæ кодта. Уæвгæ рагацау йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, мыййаг мын исты хæс куьг бакæна, зæгъгæ, уæд хъазтæй æнæхай кæндзынæн. Арысхан, йæхæдæг дæр куыд нæ уыд æнхъæл, афтæ фæлмæн, рæздаугæ хъæлæсæй бафарста Доттийы: — Цы ми кæныс, цы? — Иицы, мæнæ кафд^ыты къорд абон æмбырд кæ- ны æмæ, зæгъын, уыдонмæ бакæсон. — Кафынмæ цæуыс? — ноджы ныллæгдæр хъæлæ- сæй бафарста Арысхан. — О, — цыбыр дзуапп радта Дотти, Арысханы уæз- дан фарстытыл фæгуырысхо уæвгæйæ. . — Дæ мад, дæ фыдыстæн, дæ * бинонты кафынæй схæссынмæ хъавыс? — Оу, .мæнæ диссаг, — куысты дæр мыл цæмæй дæ зæрдæ худы, нæ зонын. — Банцай! Уый дын диссаг, — фæтъæлланг ласта Арысхан. — Мæнæ ма ацы къухтæм æрбакæс, дæ мæ- нæуы куыристæ æнæ ’фснайдæй цæмæн ныууагътай?! Зæрдæ фæйнæрдæм тоны ■ уыдонмæ кæсгæйæ, цъыфимæ сæмхæццæ сты, уый та ам иту æвæрдæй хъæууынгты лекка кæны! Цы фæдæ, цы, Дзыргъа, мæ дзабыртæ ма мын радав, — цыма Доттиимæ йæ ныхас конд фæцис, афтæ бадзырдта йæ бинойнагмæ Арысхап. Дотти иудзæвгар Арысханы раз, цавддурау, лæууы- ди. Æрæджиау нæхимидæг багуым-гуым кодта, æх- сæвдзуйæ уæлдай нæу, зæгъгæ, кæм нæ февзæрдзæн, ахæм ын нæй, — мæсты каст бакодта Арысханмæ æмæ æвæндонæй арасти сæхирдæм. Дзæка йæ лæджы цъыфæйдзæгтæй куы федта, уæд йæ къухы цы дзабыртæ рахаста, уыдон пъолмæ мæсты æп- пæрст æркодта æмæ йыл обустæ кодта: — Уый цы хуызæн дæ, уьгй, цъыфæй та дæхи кæм фесæфтай? — Бирæ ’мбарыс! Уый цъыф нæу! Сой у, сой, царды хос. — Стыр бузныггъуызæй загъта Арысхан. — Ацы 293
къæвда нæ куы нæ бахъыгдардтаид, æвæджиау рæвдз цыдысты нæ куыстытæ. Æвгъау сты машинæтæ дзæ- гъæл лæуд кæнынæн, — йæ цъыфæйдзаг уæззау цы- рыхъхъытæ феппаргæйæ, æмæ рог дзабыртæ йæ къæх- тыл баиъуыргæйæ, загъта Арысхан æмæ сæ мæнг- агъуыстмæ ахызти йæхи æхсынмæ. Уазал донæй йæ сæр дæр ныхсадта æмæ тыргъмæ рахызт йæхи сæрфгæ. Хисæрфæн рагъхъæдыл баппæрста, йæхæдæг тыргъы, уæззаугомау, æрбадт фæлмæн къæлæтджын бандоныл, йæ цæсгом бамбæрзта газетæй, цыма фйнæй у, афтæ йæ цæстытæ бацъыид кодта æмæ арф хъуыдыты аны- гъуылд. Йæ сæры згъордтой алыгъуызон дæрзæг хъуыдытæ æмæ йын æнцойдзинад нæ лæвæрдтой. Йæ хорз сыхаг æмæ æрдхордихмæ кæй фæбыцæу ницæйаг хъуыддаджы тыххæй, уый йæм хорз нал каст. «Цы сты, дæлæма^ дæр æмæ уæлæмæ дæр цалдæр машинæйы? Æмæ уьш тыххæй йæ зæрдæхудты цæмæн бацыдтæн? Нæ бинон- тæ .иу хæдзары бинонтæй æнгомдæр цардысты. Ныр уыцы æнæхаиры машинæты аххосæй фæхыл сты æмæ кæрæдзи нал æмбарынц. Уый аххосæй мæ фыртмæ тызмæг сдзырдтон, суанг ма йын йæ зæрдæйы рæ- сугъд фæндыл дæр мæ дæрзæг къух æруагътон. Аза- уæн, зæгъын, мæ хæдзармæ фæндаг нал ис. Цæмæп ба- -кодтон, уæд афтæ?» — йæхимидæг быцæу кодта Арыс- хап æмæ цыма йæ риуы дыууæ зæрдæйы сæвзæрд, уы- йау дыууæхуызон ныхмæлæууæг хъуыдытæ йæ сæры зилдух кодтой. Иутæ йын аххосджын кодтой йæ- хи, дзырдтой йын афтæ: «Ды дæ яххосджын, Арыс- хан», иннæтæ та йæ ардыдтой Мысостыл. Уый дæуæн цæй æрдхорд у, зæгъгæ-, ахæм пицæйаг Хъуыддаджы тыххæй бæстæ афтæ чи сызмæста. Ф-æстаг хъуыдытыл- иу уæлдай арæхдæр фæлæууыд, сразы-иу ис семæ. Иу хæдон мын уæрæх кæимæ уыдис, уый мын кæд ахæм ницæйаг хъуыддаджы тыххæй афтæ тынг смаст кодта, уæд уый æрдхордæн нæ бæззы. Уæд уый уыд æрмæст- дæр рæстæгмæ æрдхорд. Фæлæ та сæ бирæ азты хæлар- дзинад йæ цæстытыл куы ауад, уæд фæдызæрдыг йæ фæстаг хъуыдытыл æмæ затъта: «Уæдæ ма хуыздæр æрдхорд цы вæййы!» Цас ма фæбыцæу кодтаид йæхи- 294
имæ, чи зоны, фæлæ уæдмæ Хæсанæ сабыргай бацыд кæртмæ. Бакаст йæ фыдмæ æмæ йæ иунæгæй куы фед- та, уæд æм ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Арысхан! Арысхан уæвгæ кæд йæ фырты ныхас фехъуыста, уæддæр ын дзуапп нæ радта. — Арысхан! — ноджы хъæрдæрæй сдзырдта Хæса- нæ, фæлæ та Арысхан уæддæр ницы сдзырдта. Цыма æцæг тарффынæй бацис, афтæ йæхи скодта. Хæсанæ куы базыдта йæ ’фыд фынæй нæу, фæлæ йын барæй дзуапп нæ дæтты, уып, уæд æм тызмæгæк сдзырдта: — Арысхан!!! — Дæ мад, дæ фыдыстæн, ном мыл æвæрыс? — Ном дыл не ’вæрын, фæлæ мæ аныхас кæнын фæнды колхозы тыххæй. — Колхозмæ дæу ницы хъуыддаг ис. — Раст нæ дæ! Колхозы хъуыддæгты тыххæй æз дзуапп дæттын партийы раз. Кæд мæ куысты нæ арæх- сын, дæ зæрдæ мыл худы, уæд уый æндæр хъуыд- даг у, — сабыргай райдыдта Хæсанæ. — Цыбырдæр ын зæгъæн нæй, æви мын доклад кæныс. — Цыбырдæр, цæуылнæ?! Нæ сыхаг колхоз азæй- азмæ, тулдзбæласау, уадзы ставд уидæгтæ. Йæ адæм иу джиппы уагъдæй уæлдай не сты. Афтæ нæу махмæ. Нæ’ колхозы разамындæн цыфæнды хорз хъуыддаг зæгъ, ницæмæ йæ æрдардзæн. Рæстæг чнæй, планы нæй æмæ дунейы æфсæндтæ æрхъуыды кæнут. Не ’мбарут адæмы зæрдæйы уаг, сæ тырнындзинæдтæ, уымæ гæс- гæ бирæтæ сæ хъус адардтой нæ сы’хаг колхозмæ. — Чи? Кæм сты сæ куырдиæттæ? — Мьюостмæ... — Лæппу! — мæстæй ныккæрзыдта Арысхан, — æз сæ мæхæдæг фентъæрдзынæн. — Æмæ сæ иууылдæр куы фæсурай, уæд ма раза- мынд та кæмæн дæтдзынæ? — Уын дæ хъуыддаг нæу! ’—'Уæдæ мæнмæ гæсгæ та уый у иумæйаг хъуыддаг æмæ цалынмæ бынтон нæ барæджы, уæдмæ пæ сраст 295
хъæуы. Æппæт колхозы куыст дæр раст сæвæрын хъæуы . — Æмæ дзы раст та цы нæ у? — ноджы тынгдæр мæстыкæнын байдыдта Арысхан. — Мæнмæ раст нæ кæсы, раззаг бригæдтæ кæй хо- - нæм, уыдон иннæ бригæдты æххуысæй кæй цæуынц раз- мæ, уый. Афтæ мæм раст нæ кæсы, нæ сыхаг колхозы кæй нæ фæзмæм, кæй нæ аразæм фæлварæнтæ, кæй на* садзæм дыргъбæлæстæ, сæнæфсиртæ, фæлæ æрмæст мæнæу, картоф æмæ нартхорыл кæй ныххæцыдыстæм, >ый дæр. — Уыдæттæй дæр дæ ничи« фæрсы æмæ дæ хъуыддаг кæм нæй, уым дæ фындз ма тъысс: Дæлæ Зилгæдоны тъæпæн тыхæй бакæнын кодтат æмæ дзы цы пайдатæ смарзтат? — Баба! Бахатыр кæ, фæлæ дæумæ куыд кæсы, уы- мæй бирæ фыддæр сты нæ колхозы хъуыддæгтæ. Кæд иуæй-иу колхозонтæ балæвæрдтой Мысостмæ куырдиат, цæмæй сæ йæ колхоз-мæ айса, уый тыххæй, уæддæр^ уы- цы хъуыддаг нæ фæрогдæр кæндзæн нæ колхозы уавæр. Зæхх æрмæст бæхгутæттæй куы кодтам, уый æндæр за- ман уыдис. Ныр та ралæууыд тракторты, комбайнты заман. Дæс, фынддæс азы размæ колхоз йæхицæн æгъ- гъæдьгл цы ньгмадта, уый йын абон æгъгъæд нал у. Уый нæ, фæлæ фароны æнтыстдзинæдтæ дæр йæхицæн нал нымайы æгъгъæдыл. Фæлæ >йæ фæнды царды къæпхæн- '1ыл ноджы бæрзонддæр схизын. Фæнды йæ, цæмæй рæ- сугъд цард кæной канд сæхæдæг нæ, фæлæ сæ фæлтæр- ты фæлтæртæ дæр. Фæнды йæ, цæмæй тагъддæр æрцæ- уæм иæ рухс фидæнмæ. Уый у адæмы хуыздæр бæллип. — Лекци мын кæсью, æви мæм цы æрбауырдыг дæ^ Цы дæ хъæуы мæнæй? — Уый æмæ ахæм домбай адæмæн, ахæм стыр кол- хозæн дæ ббн нæу разамынд дæттын. Арысханы хъустæ осыгъдысты Хæсанæйы фæстаг ных&стæй æмæ, къæцæлы къæрццæй цæф сырд куыд фестъæлфы, а<фтæ фестъæлфыд, нал баурæдта йæхи æмæ йыл фæхъæр кодта: — Лæппу! — Баба! — цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд Хæсанæ. 296
— Фесæф мæ цурæй! — ноджы тынгдæр нытътъæл- ланг кодта Арысхан. Хæсанæ ма тызмæгæй бакаст йæ фыдмæ, фæлæ йæм ницыуал сдзырдта. Арысхан иунæгæй куы аззад, уæд фырадæргæй фес- тад йæ бынатæй, фæлæ цы акодтаид, уымæн ницы зыд- та. Йæ сур хид акалд. — Ничи йæм кæсы уыцы цъæхæй рæгъæдмæ. Дæ бон, да’М, разамынд дæттын нæу. Дæ адæм, дам, сæ хъус адардтой сыхаг колхозмæ. Куыннæ дын адардзыс- ты. Ау, æмæ сын цы нæ фаг кæны? Цæмæ йæм бахæлæг кодтой? Йæ сæнæфсиры муртæм? Кæд æмæ мæхи колхоз милуанер уыдзæн. Ау, æцæг дæн аххосджын? Цæмæй уæд? Уæдæ мæм лæппу дæр афтæ цæмæн скъæйных, афтæ куы никуы уыд, уæд? Нæ, нæ, ам æндæр цыдæр ис... Сыгъдæгæй дæр ме ’рдхорды æвзаг фæхæццæ ис- хъуыддагмæ. Лæппу йæ дзæгъæлы не стауы. Фæлæ ды цы зæгъыс, уый нæ уыдзæн, Мысост, — сыхæгты ’рдæм къухæй бартхъирæн кæнгæйæ, адзырдта Арысхан. Мидæмæ куыд ’фæцæйцыд, а|фтæ райхъуыст телефо; ны дзæнгæрæджы хъæр. Арысхан сисынмæ хъавыд труб- кæ, фæлæ уæдмæ Мысост фæраздæр. Сæ дыууæты хæ- дзæрттæм телефонтæ арæзт уьгдысты иу хаххыл. — Æз колхоз «Размæйы» сæрдар. Чи, театрæй... табуафси. «Пæсæйы фæндон» федтам^ раласут «Усгуртæ», дæ хорзæхæй. —-Æ, дæ майрæм дæ схæра, — Мысосты ныхасмæ- хъусгæйæ, загъта Арысхан,—цавæр театр раласын хъæ- уы, уый дæр нæ зоны, уый йедтæмæ «Пæсæйы фæндоны» раз «Усгуртæ» равзар. — Абон нæ кусæм, зноны уарын нæ бахъыгдардта æмæ нæ клубы къух бакæнæн дæр нæ уыдзæн, ай-ай. Ра- цæут, рацæут, о, ныртæккæ. Æнхъæлмæ уæм кæсдзыс- тæм, — Мысост трубкæ æрæвæрдта. — Ныр мах фыдæнæн алы бон дæр хондзæнис театр- тæ. — Æмæ сæ цæуылнæ хона, махмæ къаддæр æфтиаг иæуы, æви пауддæр стæм? Цæуылнæ сарæзтай клуб? — г-ом уаты рудзынгæй йæм радзырдта Дзæка. — Ныхъхъус у, дæу ничи фæрсы! 29Т
—Мæн ничи фæрсы, фæлæ дын мæнæ изæры дæ адæ- мы куы нæ бауадза клубмæ, уæд дæ уыдон сæхæдæг афæрсдзысты. 5 «Размæйы» машинæты асайды хабар фехæлдта Дзи- былы хъæлдзæг зæрдæйы уаг. Уый дзырдта иу цалдæр колхозонимæ. Уыдонæй ’бирæтæ зылын кодтой Арысха- ны, бирæтæ та дзы загътой: «Дзибыл, Арысхан æмæ Мы- состæн иу хæдон дæр уæрæх у, æрдхæрдтæ сты, æрд- хæрдтæ æмæ сæхæдæг фидаудзысты, се ’хсæны ма цæут, сæхи бар сæ уадзут». Фæлæ ахæм зæгъджытимæ разы пæ уыд-Дзибыл.—«Уый та куыд, сæхи бар сæ уадзут?— хъуыды кодта уый. — «Уæнт æрдхæрдтæ æмæ æрдхорд- дзинады фæдыл кæнæнт сæ хæдзары хъуыддæгтæ. Фæлæ машинæты колоннæ асайыны хъуыддаг æрдхорддзинад- мæ нæ хауы. Уый у иумиаг хъуыддаг æмæ йæ хъуамæ иугай лæгтæ ма алыг кæной».—Уый фæндыд Хæсанæи- мæ зæрдæйæ-зæрдæмæ баныхас кæнын. Хæсанæ Арысханимæ куы фæхыл ис, уæд бæлвырдæй нæ зыдта, дарддæр цы акодтаид, уый. Уымæй размæ æи-* льæл уыд, зæгъгæ, мæ фыдимæ куы баныхас кæнон, уæд мæ раст бамбардзæн. Ахъуыды кæндзæн йæ дард- дæры куысты тыххæй. Фæлæ йæ уый загъды бын цы фæ- кодта, æыдæр æм нæ байхъуыста. Хæсанæ мæстджынæй йæхи айста колхозы правлени- иы ’рдæм, кæд партионтæй искæйты баййафин æмæ аны- хас кæнин семæ, зæгъгæ. Фæлæ дзы никæйы баййæфта. Æрбадт йе ’стъолы фарсмæ æмæ сагъæсты аныгъуылд. «Мæ тæригъæд дæ уа, Азау, кæд дзы æз та цы аххос- джьгн дæн. Дæ сæрмæ та кæцæй æрцыди ахæм хъуыды æмæ мæн дæр машинæты колоннæ асайды тыххæй фæ- аххосджын кæнай. Æвзæр зоныс, тынг æвзæр дæ Хæса- нæйы, Азау. Уый кæд Арысханы фырт у, уæддæр, уыйау, хи кад, хи цытыл нæ мæлы... Уый зонын бæргæ æмбæ- лы дæуæн дæр». Хæсанæ акаст йе стыр уарзондзинады фæндагыл рай- диаиæй суанг кæронмæ. Уыцы уарзондзинады бонтæй оирæтæ уыдысты, уалдзыгон бонтау, рæсугъд, куы та-пу .298
’стæм хатт се ’хсæн фæзындис, мигъы къуымбилау, сау æндæрг, Азауæн йæхи аххосæй. Нал-иу дзырдтой сæ кæ- рæдзимæ. Ахæм рæстæджы-иу Хæсанæ йæхицæн бынат нал ардта. Йæ уарзоныл фембæлды тасæй-иу йæхн дæрдты ласта. Фæлæ-иу ахæм рæстæджы арæхдæр хъуы- ды кодта Азауыл. Уысмы бæрц дæр æй нæ уыд йæ бон æрбайрох кæнын. Æдзух дæр уад йæ цæстытыл. Дзибыл Хæсанæйы .æнкъардæй (бадгæ куы баййæф- та, уæд йæ разы тæфæрфæсы лæуд акодта. — Рухсаг уæд, рухсаг, зиан. Амæй фæстæмæ уæм ци- ыы хъуыддæгтæм цæуæнт. Уый та мæрдты дзæнæты фæ- бадæд. Æз æй нæ зыдтон, мыййаг, чи уыд?—афарста Дзибыл Хæсанæйы. — Цæуылнæ, колхоз «Уæлахизы» донласæг Дзибыл! —Дзибыл хъазгæ кæй кæны, уый бамбаргæйæ, загъта Хæсанæ. — Дзибыл кæд амæлыныл сразьг, æцæг, уæд мæрдты авд дæлæмæ ныххауæд. Уæд уый дæ иу цæстысыджы аргь да^р пæу, мæ хæлар, æмæ дæхи цæуыл æфхæрыс. Фæлæ кæд нæ рæдийын, Хæсанæ, уæд æй ныртæккæ йæ фæстæмæкъахджынимæ федтон уартæ Дударыхъоты тигъыл ныхасгæнгæ. — На уæдæ мæ мæт кæныс. Æмбал дзы ахæм куы нæ уа. Æз дывыдон арты судзын, ай та ма мыл йæ хъал калы. - —Куыиæ, хъарæггæнгæ дæм куы ’рбацыдтæн, — йæ худын тыхæй баурæдта Дзибыл. , — Ныууадз дæ хъазын. — Гъарæбып, уæдæ мæ цæуыл мæт кæнын кæныс?! Дзибылыл æнкъарддзинад фвдаугæ дæр не скæндзæн. Ницавæр тыхтæ йын æркъул кæндзысты йæ хъал сæр. /Ез, худгæйæ, фæзындтæн ацы рæсугъд дунемæ æмæ, уæвгæ, кæд искуы мæлынвæнд скæнон, уæд дæр æрмæст лудгæйæ. — Уыдон иууылдæр дзæгъæл дзæнгæда сты, фæлæ мæнæн мæ цъити суадон тынг базмæсти. Тæрсын куы пикуы уал срæсуг’уа. — Цъити донæн тæрс бахуыскъæй, уый дæр сæрды рæстæджы — мæнæ ацафон, уый йедтæмæ йын змæс- тæй ма тæрс. Цыфæнды змæст суæд, уæддæр та сахаты Й99
æрдæджы фæстæ, рæсугъдæй, хæл-хæлгæнгæ, згъордзæн йе ’нусон дзæй-нæ-ты фæндагыл. — Гъей, джиди, бæргæ! — бахæлæггæнæгау кодта Хæсанæ. — 0, фæлæ Азауæн суадонимæ абарæн нæйг. Уый зæ~ йы æрцыдæй уæлдай нæу. Зæйы хъуыддаг та афтæ уг æмæ иугæр фескъуыд, уæд ма лæу йæ развæндагыл, дæхи бакиз фыдбылызæй. Науæд дæ ка&м аныгæндзæн, комы цъассы, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Афтæ у Азау дæр. Кæд дæм смæсты, уæд дæ хъуыддаг хорз* пæу, мæ хæлар. Цыбыр дзырдæй, хæдзархæлд фæда* уæд. — Ныууадз дæ хъазæн ныхæстæ. Ныртæккæ уы- доныл нæ дæн. Нæ уыныс «Размæйы» колхозæн цы ми- тæ акодтам. — Уынын, уынын æмæ æз дæр дæ хъарджытæ хъу- сынмæ не ’рба’цыдтæн, фæлæ хъуыддаджы тыххæй. Сыр- доиьг митæ сын кæнæм, Сырдоны. Æмæ уыдон махæк афтæ куы бакæниккэй, уæд та? Ницæй тыххæй сын æй пыббариккш, суанг ма сæ тæрхондонмæ дæр раттиккам. Æмæ уыдон махæй цæмæй цауддæр сты? Ницæмæй! Æмбарыс! — Раст зæгъыс. — Бауырнæд дæ, «Размæйы» колхозæй искæимæ куы фембæлын, уæлдайдæр та мæ фæстæмæкъахджынимæ, ’уæд æй хъæры бын фæкæнын, нæ колхозы уæларвмæ сисын. Уæвгæ та дын раст куы зæгъон, уæд мæхæдæг æфсæрмы фæкæнын мæхи ныхæстæй. Цыма мæ зæрдæйы хæйрæг фæбады æмæ мæ уый фæдзурын кæны æвæндо- нæй, афтæ мæм фæкæсы, бирæ цыдæртæ нæ цæуы мæ зæрдæмæ, бирæ, Хæсанæ, æмæ уыцы цыдæрты та аххос- джыныл нымайын... — Арысханы, — Дзибылы ныхас фескъуыдта Хæ- санæ. — О, Арысханы, Кæрæфбеджы, ноджы дæу дæр æмæ мæхи дæр; нæ колхозы фæсивæды. — Мах та цæмæн? — цыма Дзибылы ныхас нæ бам- бæрста, уыйау æй афарста Хæсанæ. — Уый та« цы хоныс? Партионтæ не ’стæм? Цæмæн кæ- сæм фидауцы цæстæй ахæм хъуыддæгтæм? Хъыг дьпг .300
ма уæд, Хæсанæ, фæлæ Арысхан æмæ Мысост кæрæдзи- мæ дард лæууынц. Арысхан æрмæстдæр зоны план. План баххæсткæныны тыххæй йæхи дæр амардзæн, уæддæр æй æнæ сæххæстгæнгæ нæ ныууадздзæн. Фæлæ планæй дарддæр ницы уыны. Афгæ нæу Мысост. Уæв- гæ уымæн аргъ скæньгн æз фæразгæ дæр нæ бакæндзы- нæи. Æниу дæуæн хъыг ма уæд мæ ныхæстæ, Хæсанæ. — .Ех, Дзибыл, Дзибыл, рæстдзинад мæнæн кæдæй нырмæ V хъыг. Æвæццæгæн, зæххыл цард куы сæвзæрд, уæдæй нырмæ дыууæ адæймаджы æмхуызон никуы уы- дысты( фæлæ, Арысхан æмæ Мысостау, алыхуызæттæ. Мысссты хуызæн ’курдиатджын разамонæгæн аргъ нæй. Уыимæ ма фæтæрс арты дæр æмæ доны дæр. Уый йæ абопы мидæг уыны йæ райсомы рæсугъд ныв. Кæд рай- оны цæугæ Сырх тырыса махмæ ис, уæддæр мах нырма бирæ къахдзæфтæ хъæуы уыдон баййафынмæ. — Æнæмæнг дæр афтæ, — сразы Дзибыл Хæсапæ- имæ. — Уый Арысханау, нæу сæрыстыр йæ ныртæккæйы уæлахиздзинæдтæй, — Мысосты тыххæй арф ныхъхъуы- ды кæнгæйæ, æмæ йæм, цыма, бæлгæ кодта, уыйау йæ ныхас дарддæр кодта Хæсаиæ, — фæлæ æнувыдæй ахс- джиаг -фæллой кæны райсомьг рæсугъд цардмæ тагъд- дæр æрцæуыны сæраппонд. Гъе уымæ гæсгæ йын у зы- наргъ алы колхозоны хорз фæндон дæр. Бакæс-ма сæм, дæ хорзæхæй, цы нæ ’фтиаг райсынц колхозæп, райдай сырхфарс -фæткъуы, пырындз, сæнæфсир, мыд æмæ сæ чн фæнымайдзæн! Махмæ та дзы кæмæндæрты базар йæ цардæй адджындæр фæцис; Хæсанæйы ныхæстæм лæмбынæг хъуыста Дзибыл. Афтæ йæм фæкаст, цыма, сæ кæрæдзи хорз бам-бæрстой. Сæ дыууæйы зæрдæмæ дæр нæ цæуынц, >колхозы куысты цы хъæидзинæдтæ ис Арысханы аххосæй, уыдон. Уый æрдæбон раздæр ардæм куы цыдис, уæд уæвгæ хъуыды кодта, зæгьгæ, Хæсанæйæн, чи зоны, хъыг уа, йæ фыды пыхмæ йын мæ хъуыды куы зæгъон, уæд. «Фæлæ цы ба- чындæуа кæд æмæ афтæ у мæ зæрдæйы хъæд. Лæг йæ сæ- рыл худ куы дара, уæд уымæн худинаг у дæлгоммæ ми- тæ. йæ къахы алгъыл щæуæг уадз уæд рувас, къæбыла цирчы, фæлæ зæххыл фæллойгæнæгæн йæ къахы алгъ- 30!
тыл цæуын мæлæт у». Уымæн фæзынд Хæсанæмæ дач> колхозы правленимæ, цæмæй йемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ баныхас кæна. Афтæ дзырдта Дзибылмæ йæ сыгъдæг цæсгом: «Фурды æз æртах дæн, царды стыр механизм- ты та гыццыл лæсгæр. Фæлæ фурды дон у æртæхтæй,. стыр механизм та гыццыл лæсгæр ахъаззагбынат ахсы». — Дæ мады ’фсымæр Кæрæфбегæн та! — Дзибыл бакаст Хæсанæмæ, — æгъгъæд фæуæд, завхозæй цы фезмæста, уыдон; ныр нæ уæддæр ныууадзæд иу чысыл нæхи бар. Æз мисхалы бæрц дæр гуырысхо нæ кæнын, уый Арысханæн макæ кæй нæ загьта. Уый нæ, фæлæ ма йæ кæй бацырем кодта*, ууыл. Сæрмагондæй та Мы- состæй йе сæфт кæй уыны, уый фыдæнæн. — Дзибыл, канд иунæг ды нæ хъуыды кæныс афтæ. Иуæй-иутæ ма сæ хъус адардтой сыхаг колхозмæ дæр.. Уый худинаджы хъуыддаг у, æмæ цалынмæ æгæр нæ байрæджы, уæдмæ карзæй стох кæнын хъæуы. — Дæ фыды ныхмæ? —Нæ колхозы хъуагдзинæдты ныхмæ, стæй куы хъæуа, уæд мæ фыды ныхмæ дæр. Иумиаг хъуыддагæн,. адæмæн пайдайы бæсты сæрниз пы хъуыддæгтæ хæссбп, уыдон ныхмæ карз тох хъæуы. Науæд куыд-цæуы хъуыд- даг, уый дæхæдæг куы уыныс- колхозы æнæсæрфат ра- замынды тыххæй нæ адæмæй ам ничиуал баззаидзæн. — Рæдийыс, баззайдзысты. — Баззаидзысты, фæлæ æрмæстдæр спекулянттæ. — Стæй уыдонимæ æз дæр, — фидарæй загъта Дзи- был. — Ды та цæмæн? — Æмæ дæ зæрдæйæ æз æхца нæ уарзын? Уарзын, фæлæ æз æхцайы тыххæй нæ баззайдзынæн. — Уæдæ? — Дзибьглы хъуыдьк нæ бамбæрста Хæса- нæ. — Уæдæ æмæ мадæлон заманы рæстæг раджы ан«в- гъуыдта æмæ уый тыххæй. Дзибыл æй нал сног кæн- дзæн. Дзибыл Дзæйнæты колхозмæ никуы балидздзæн. Фæлæ кæд лæг у, уæд хъуамæ йæхи колхозмæ æрбала- са Дзæйнæты. Афтæ æмбæлы дæуæн дæр. — Уый раст у, фæлæ мæпмæ æндæрхъуыды сæвзæрд, æндæр, Дзибыл. 302
Хæсанæ цыма йæ хъуыды зæгъынæй тæрсгæ кæны, уыйау бынозты сулæфыд. Бæрæг уыдис йæ арф хъуыды- джын тар æнгас æм’æ йе ’рфлуыты æлхынцъæй, цыдæр сагъæс ын йæ зæрдæ кæй æодæрзы. Стæй цыма дызæр- дыг цы хъуыдыйыл кодта, уый уæлдай ирддæрæй рай- гуырд, йæ сæры æмтъерийæ цы тар хъуыдытæ зилдух кодтой, уыдон æхсæн, уыйау, цæхæртæ калдтэй йæ цæс- тытæ, бæрзонддæр систа йæ сау бæзджын æрфгуытæ; чысыл раздæр йæ дыууæ оны æхсæн цы сæр аныгъуылд, ууыл дæр уæлдæр схæцыд æмæ дзырдтæ, цыма æфсæд- дон фидар къахдзæфтæ сты, уыйау сæ хъæддыхæй загъ- та: — Мысосты хуызæн разамонæг махæн дæр нæ ра- хъыг кæнад. — Гъæй, дæ бонæй дæ уа, Хæсанæ, кæд кæмæ бахъа- выдтæ. Уый йæ колхоз, йæ адæмы ныууадзыны бæсты, фæлтау йæ уд мæлæтмæ ратдзæн. — Нæ мæ бамбæрстай, нæ, Дзибыл. Нæ колхозтæ, зæгъын, афтæ куы баиæниккам, — йæ къухтæ кæрæдзи- йыл авæрдта, — уæд уый цавæр колхоз уаид, уын зо- ныс? — Иу? — Уæдæ. — Гъæй, дæ бонæй дæ уа, кæд цы сæнттæ цæгъдыс. — Афтæ дæм кæсы? Рæдийыс. Партийы райком нæ уавæртимæ хуыздæр базонгæ уæд, уый йедтæмæ ахæм хъуыддаг нæ <бакъуыльгмпы кæндзæн. Фарст æрæвæр- дзæн обкомы раз. Уый та йæ рывæрдзæн ЦК раз. Æмба- рыс, цавæр колхоз уаид, уый - миллионер! йæ дисса- джы рæсугъд фидæнмæ. Миигæйттæ йæ фосы дзугтæ, йæ^хъом рæгъæуттæ, йæ алыгъуызон машинæтæн ны- мæц дæр нæ уыдзæн. Уынджы ’рдыгæй æрбайхъуыст маши-нæйы’уынæр. — Иу машинæ уал дзы фæзыпд! — Дзибылы пыха- сыл бахудт Хæсанæ дæр. ИВДДЗАГ УАЗÆГ Бадджериты Цæргæс Хабарты Асланы æрбахæццæ кодта Арысханты опг. Стыр кулдуар уыд æхгæд, фæлæ 303
дуары рахис æм>бисыл фистæгæй цæуынмæ цы чысыл дуар арæзт уыд, уый уыд гом, æмæ йæ зыхъхъырæп дыргъбæлæсты ’хсæн цы дыууæ хæдзары зындис, уы- донмæ къухæй ацамыдта Цæргæс: — Мæнæ ацы курорты хуызæн раны та цæрынц, æр- дæбон дын афтæ кæмæй загътон, иу хæдон дæр сын уæрæх уыдис машинæты колоннæйы асайды размæ, фæ- лæ ныр сæ мыды къусы къæм ныххаудта, зæгъгæ, уы- цы дыууæ æрдхорды, нæ колхозты сæрдæрттæ. Галиу- æрдыгæй «Уæлахизы» колхозы сæрдар Сырхауты Арыс- хан, рахизæрдыгæй та «Размæйы» колхозы сæрдар Æхсараты Мысост. Аслан дыууæ хæдзарыл дæр йæ цæст ахаста. Æттæ- мæ куыд зынд, афтæмæй Мысосты хæдзарæп иу ха- тæн йедтæмæ цæттæ нæма уыдис. Иннæ хатæнæн кæд йæ къултæ амад уыдысты, стæй æмбæрзт уыдис йæ цар дæр, уæддæр ыл нæма уыд дуæрттæ æмæ фæрссæгты рамæтæ. Æвæццæгæн дзы цæмæй зымæджы рæстæджы уазал дымгæ ма хæта, гъе йæм уадтымыгъ миты фæл- дзæгъдæнтæ ма кала, уый тыххæй сæ сæхгæдтой уæгъд- æвæрд агуыри дуртæй. Цæргæ цы хатæны кодтой, уый дæр æххæст рæвдз нæма уыд цæрынæн: рудзгуыты ра- мæтæ æмæ дуæрттæ нæма уыдысты ахорæнæй ахуырст. Уымæ гæсгæ æнцон базонæн уыд, тæрс хъæдæрмæгæй арæзт кæй уыдысты, уый. Мысост бадтис гом рудзыпджы раз æнæ худæй, йæ уæхсчытыл, даргъ хаутæ кæмæн уыд, ахæм хисæрфæн æвæрд, йæ разы тымбыл рамæйы æвæрд кæсæн, йæ галиу къухы сæрвасæн, йæ рахисы та чысыл хæсгард æмæ, кæсæнмæ кæсгæйæ, йæрихитæ рæстытæ кодта, Бæрæг уыд, нырма ныртæккæ йæхи кæй адаста, уый. Мысосты хæдзары фæстæ Аслан йæ цæст æрхаста Арысханы хæдзарыл. Уый, дардæй бакæсгæйæ, æцæ- гæйдæр зындис курорты бæстыхайы хуызæн. Хæдзар уыд урс зестæй æм’бæрзт. Иæ рудзгуытæ æмæ йын йæ дуæрттæ, цыма, нырма ныртæккæ байсæрстæуыд .лакæй, уый æрттывд кодтой. Фæтæн верандæйыл цы аив æртæкъуымон рамкæтæ уыдис, уыдоныл бынæй конд уыд хуымæтæджы æвгтæ, уæллаг æртæ рæнхъыл та’ кæрæй-кæронмæ — кæрдæггъуызтæ. Хуры тынтæ 304
сыл хъазыдысты æмæ верандæйы къултæ кæд урс чъы- рæй цагъд уыдььсты, уæддæр зындысты цъæх-цъæхи- дæй. Верандæйы иу къуымы стыр кæсæп, йæ дыууæ фæрсты хилгæ зайæгойтæ сæхи систой. Ах’æм кæсæнтæ фенæн вæййы хисдæр ахуыргæнæндæтты бацæуæнты, гъе та театрты фоэты. Уæтты рудзгуытыл чысыл æмæ стыр сæрмагонд дурынты алыгъуызон дидинджытæ сагъд — сæнт сырх, ^æнтурс, цъæхтæ, оуртæ, фæтэгл сыфджын дидинджытæ задис хæдзарæй дыргъдонмæ ахизæны кæрты цур дæр. Æттæдæр дыргъбæлæстæ фыр- задæй æртасыдысты’ æмæ цæмæй дыргъты уæзæй сæ цæнгтæ ма ’рсæттой, уый тыххæй сæм сæвæрдтой бы- цæутæ. Арысхан бадт верандæйы æмæ газетмæ кæсæг йæхи ’скодта. Уæвгæ уый æфсоны каст кодта газетмæ. Уыцы машинæты колоннæ асайды фæстæ Арысхан куыддæр йæхимидæг тыхст. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу тыргъы фæзынд Арысханы ус Дзæка дæр. Уый быдыры куыстæй йе ’сæфт цæйбæрц уыдта, уыйбæрц йæ уд, йæ дзæцц хъардта хæдзары зи- лæныл. Уæлдайдæр та, йæ лæг хæдзары куы вæййы, уæд. Бакæс ма йæм иыр дæр. йæ разыл куатæ баст, дыстæ рæмбынкъæдзтæм фæлдæхт, афтæмæй сæ мæнгагъуыс- ты арынджы ’уæлхъус лæууы æмæ урс-урсид ссадæй хыссæ змæнты. Ног цыхтæй йæ фæнды уæливыхтæ скæ- нын. Цæргæс, Мысост æмæ Арысханы фенгæйæ, мидбыл худгæ бакаст Асланмæ æмæ йын афтæ бакодта: — Дæ хъул сах абадт, дыууæ дæр бынаты сты. — Стæй мидæмæ бахъæр кодта. — О, хæдзаронтæ, мæнæ уæм культурон фронтæй уазæг. Арысхан тагъдгомау рауад. Зæрдиагæй райста уазæджы къух. Цæргæс та: «Мæнæн бахатыр кæн, æф- сымæр». — загъта æмæ атагъд кодта фæстæмæ клубмæ. Мæнæй ма, кæд æмæ клубы Ирæ æмæ Дзæйнæт сты фæндырдзæгъдджытæ. _ , Асланыл уыдис урс кæттагæй аив хуыд кител, хъæм- пын худ, рæсугъд итувæрд тарцъæх фæсмын хæлафæмæ бур туфлитæ. Фыдхъус хæдзархал, зæгъгæ, куыд фæкæ- нынц, уый æмбисонд æркодта Сырхауты Арысханыл дæр. Уый чысыл раздæр йæ сыхаг Мысосты телефонæп 20* 305
ныхасгæнгæ фехъуыста ирон театры тыххæй. Ныр та сæм Цæргæс бахъæр кодта, уазæг культурон фронтæй, зæгъгæ, æмæ æихъæл уыд, кæд театры директор нæу, уæддæр кæй у йæ администрацийæ исчи, кæй æрба- цыдис клубы тыххæй Мысостмæ. Æмæ цалынмæ Мы- оост нæ рацыд уазæджы размæ, уæдмæ йæ сæхимæ’ баскъæфта, кæд уазæджы нæ фæндыд мидæмæ цæуын, уæддæр. Æрбадтысты тыргъы кæрæдзийы комкоммæ æмæ йæ Арысхан ныхасы бын фæкодта. Мæнгагъуыстæй уа- зæгмæ рауади Дзæка дæр, — Æппæты фыццаг дæр уал базонгæ ут, — загъта Арысхан Дзæкайæн. — Театрæй. Ирон театрæй. — Стæй йе ’ргом аздæхта Асланы ’рдæм æмæ уымæн дæр ба.мба- рын ’кодта: — йæ хуызмæ йын ма (кæс, уый мæ чъири- гæнæг у. Ирыстоны дæсныдæр чъиригæнæг не ’ссардзы- нæ. Дзæкайы къух хысеæйæ дзаг /кæм уыд, уымæ гæсгæ Аслан æмæ Дзæка кæрæдзийæн еæры куывдæй сала;м радтой. Аслан йæ цæст æрхаста Арыехан æмæ Дзæ- кайыл æмæ дисы бафтыд: «Цы ис иумиагæй ацы дыууæ адæймагæн?» Раст æм нæ фæкаст фыдæлты æмбисонд лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барет сты, зæгъгæ. Арысхан уыд сырхуадул, ставдтæ арæзт, Дзæка та — мыстулæджы хуызæн. Цыма дунейы мæстытæ уый хуылфы сты, уый хуызæн бахус. йæ цæсгомыл нæ хъа- зыд, Арысханау, туджы æртæхтæ, фæлæ уыд фæлурс, мæрдон фæлурс, къорд азты рæуджыты низæп чи фæ- сад, уый хуызæн. — Æфсин, уазæджы хус ныхæстыл ма дарæм. — Уæ хорзæхæй, тыхсгæ ма кæнут, — цыма йе ’рба- цыдæй бинонты тынг стыхсын кодта, уыйау, сæфсæрмы Аслан. — Цæй тыхсгæ, цæ, ай нæм за,маиайы бон куы ’рба- хаудтæ! — сæрыстырæй загъта Арысхан æмæ Мысосты ’рдæм бакаст, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыдис: «Уыныс, дæ уазæдл^ы дæр та дын мæхи ’рдыгæй фæкод- тон». («Ай æцæг заманайы ран нæ фæдæн», — ахъуыды код- та Аслан. — Цæмæн мæ рахуыдта ирон театрæй? .Куыд 306
ын бамбæрстæуа йæ ныхас. Чи зоны, уæвгæ афтæ хуыз- дæру». „ — Æфсымæр, дæ ном та цы хуыины? — Хабарты Аслан. Гъемæ уæдæ, æнæфæрсгæйæ, истутæ дзур. Æн- къард ма кæн. Æнкъард кæнын мæныл æмбæлы. Мæ буар — ам, мæ зæрдæ — быдыры, дæлæмæ æрхауа уæ- лæ уыцы арв. Иу æртæ боны ма куы ахастаид дзæбæх рæстæг, — æрбафснайдтаиика,м нæ мæнæутæ. Цавæр мæнæутæ сты, уый зоныс? Раст сæ гага цымы стæвдæн у. Зæрдæ рухс кæны сæ уындæй æмæ дын уый та нæ хъуыддаг. Зноны къæвда нæ æттæмæ акæсын нал ба- уагъта æмæ иунæгæй æнкъардæй сæфын. Дзæка цалынмæ фынг нæ . æрæвæрдта, уæдмæ иу стыр тæбæгъы дзаг рахаста бурбурид кæрдотæ æмæ сырхфарс фæткъуытæ. Æрæвæрдта сæ Асланы разстъо- лыл, стæй сæ цыма, йæ уазæг æххæст цæттæйæ кæй не ’рбаййæфта, уымæй фефсæрм, уыйау æм хатыркурæ- джы каст бакодта æмæ сдзырдта: — Уæхи уал дыргътыл ирхæфсут, æз ныртæккæ цæт- тæ уыдзынæн. — Гъе, не ’фсин, дыргътæ хæрды размæ хæрды монц сафæг сты, фæлтау фæрæвдздæр .кæн. Ахæм уазæг цы- рагъы рухсæй дæр не ’ссардзынæ. Дзæка атагъд кодта мæнгагъуыстмæ, тарст, йæ уæ- ливых пецы куы басудза, уымæй. Йæ лæджы пыхæстæ та бам’бæрста афтæ: «Кадджын уазæг у, хорз фæхын- цииаг». — Нæ сыхаг колхозимæ ерыс кæнæм æмæ дыууæ къуырийы дæргъы быдырæй пе ’ссыдыстæм. Абон ма умæл у, кусынмæ нæма бæззы æмæ дæ бауырнæд, стъо- лы фарсмæ дæр иунæгæй адæймаджы зæрдæ нозт нæ, къæбæр дæр нæ зæгъы. — Сæрды нозт æнæуи дæр хæлар нæу. — Гъæ, куыд дын амардтæн, гъе, Хабары фырт, нозт та кæд нæу хæлар? Зымæджы йæ баназай, дæхи дын стæвд кæндзæн, сæрды йæ баназай — дæхи уазал доны аскъæр æмæ раст, сагæй рогдæр фестдзынæ. Цыма цæр- гæ-цæрæнбонты нозты хъæстæ никуы фæдæ, дæхи афтæ хатдзынæ. 307
Дзæка тымбыл тæбæгъы рахаста дзаджджын уæли выхтæ, сæ царв сæ сæрты кæлгæ æмæ сæ Аслан æма Арысханы раз æрæвæрдта. Стъолыл фæзынд уырынгтæ, нывæфтыд, да’ргъхъуыр графины дзаг ирон карз арахъхъ балтæй сырх ахуырстæй, чысыл агуывзæтимæ. Уæвгæ Дзæка йæ лæджы зæрдæйы уаг хорз зоны, кæй нæ уарзы чысыл агуывзæта^й хуыпгай нуазын, "кæй фæ- домы цайцымæнтæ. Фæлæ «ахæм уазæг цырагъы рухсæй дæр кæй не ссардзынæ» кæй загъта Арысхан, уымæ гæсгæ сын рахаста кæрдæггъуыз авгæй бронзæ- был чыеыл агуывзæтæ. Арысхан агуывзæтæм хины каст бакодта, бахудт æмæ сдзырдта Дзæкамæ: — Гъе, не ’фсин, æнгуыретуантæй нæ хынцынвæнд скодтай, нæ фыдæлтæ та-иу сæ кадджын уазджытæм дзæбидыры сыкъатæй фæкастысты. Стæй æххæст нæ сыхагмæ дæр куы бадзуриккам! Дзæка цыма йæ хъустыл нæ баууæндыд, уыйау фæр- сæджы кает бакодта йæ лæгмæ, ома кæцы сыхагмæ. Арысхан æй фембæрста æмæ йæ хъуыды бæлвырддæ- рæй загъта: — Мыеостæй зæгъын... Уæвгæ Арысхан ирон уæздандзинады тыххæй скодта йæ сыхаджы кой, уый йедтæмæ хорз зыдта Мысост сæм уыцы хылы фæстæ кæй не ’рбацæудзæн. Дзæка æфсоны уад ракодта верандæйæ кæртмæ. Федта Мысосты рудзынджы цур бадгæ, фæлæ йын ницы загъта. Иу чысыл алæууыд кæрты, стæй фæстæмæ баз- дæхт æмæ Арысханмæ йæ сæр банкъуыета, нæ рацыд, зæгъгæ. — Цæй, цы гæнæн ис. Нæ сыхагимæ иу чысыл бахъæ- лæба стæм æмæ нæм тæргайгонд у, — бамбарын кодта Асланæн, йæхæдæг рауагъта цайцымæн агуывзæты арахъхъ æмæ уазæгмæ бахатыд: — Цæй, Аслан, уæ цæрæнбонты тыххæй. Ирон теа- тры тыххæй, мæ цæст уын уарзы, махæн социалистоп быдырты куыд æнтысы, ахæм стыр сгуыхтдзинæдтæ. Сæ агуывзæтæ кæрæдзийыл бакъуырдтой. Арысхан арахъхъ анызта йæ тæккæ бындзарæй æмæ йæ, Аслан- мæ’ бадаргæйæ, батылдта, цыма йæхицæй æппæлынмæ 308
хъавыдис -кæсыс, йæ бынæй йын рухс суагътон, зæгъгæ, уыйау. Аслан та йæ тыхæй банызта æмбисмæ, уымæй дæр ныккæрзыдта. Фæлæ йæ Арысхан ууыл нæ ныу- уагъта, бындзарæи йын æй баназын кодта. — Хæлар дын уæд, дæ мады æзгсырау. — Оф, хъæлæсы араугæ ацыд. -- Фынгмæ æвнал, дæ хорзæхæй._ — Бузиыг! — уæливыхы карст райсгæйæ, загъта Ас- лан. — Бауырнæд дæ, хъæлдзæгдзинад царды ахсцжкаг- дæр хай у. Гъеныр мæнæ карз арахъхъ æмæ уæливых- тимæ физонæг куыд фидауы, афтæ рæсугъд кæны театр дæр адæймаджы цард. — Диссаджы рæсугъд барæн ын скодтай, Арысхан,— бахудт Аслан æмæ бафиппайдта, Арысханы ныхас бын- тон раст кæй нæу, уый дæр, — фæлæ театр канд хъæл- дзæгдзинад нæу. Театр у дунейы адæмты раззагдæр хъуыдытæ хæссæг. Уый хъомыл кæны аивады бæрзонд- дæр æмæ зынаргъдæр хъуыддæгтыл адæмы. — Уый та дын не ’мбарын, цы, — раппæлыд йæхи- цæй Арысхап. — Æз бирæ уарзын театр, бирæ хæттыты дзы уыдтæн. Цола, Цола, йæ бындар фæуа, цы хуыйны уыцы театр? — «Пæсæйы фæндон». — О, о, цудтытæгæнгæ куы рацæйцæуы, уæд ма.лæг хуыздæр цæмæ бакæса. — Ау, уымæй хуыздæр дзы дæ зæрдæмæ пицы фæ- цыд? — бафиппайдта Аслан. — Нозтыл куы райдайы дзурын, лæджы комы дæт- тæ ’руайынц. Афтæ хорз мæм фæкаст, æмæ ма нæ иу хатт фенин. — Колхозы сæрдарæн та уымæй æнцондæр цы ис. Театрмæ фехъусын кæн, ахæм æмæ нæ ахæм спектакль хъæуы, зæгъгæ, æмæ йæ дыккаг бон дæ адæмимæ дæхи клубы уындзыиæ. — Бæргæ, фæлæ... — куыддæр ферхæцæгау кодта Арысхан, цыма йæ дзырд иæ хъуыры фæбадт, исдуг ни- цыуал сдзырдта, — иу ницæйаг хъуыддаджы тыххæй фæхыл дæн ме ’рдхордимæ, æмæ мах цы фестæм, дыу- 309
уæ ахæмы нæ бинонтæ базмæстысты. Ныр ,мын де ’рцы- дæй дæр мæ хурхыл бахæцдзæн, æвæццæгæн. — Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ уæд цæмæн? — хъуыддаг фæбæлвырддæрмæ ра’хъавыд Аслан. — Уымæ ацы аз ис ног клуб. Махмæ та нæма. Рай- дианы мын дзырдта иумæ йæ саразæм, зæгъгæ, фæлæ æз не сразы дæн, мæнæн районы зæрдæ бавæрдтой клуб саразынæй. Райæххæсткомы сæрдар Радиты Дудар мæ хорз хæлар у. Гъе, æрмæст ацы аз нæ къухы нæ баф- тыд. Ныр мæ мæ адæмы цæсты ’фтаудзæн уыцы сау- зæрдæ. — Клубы фарсты аххосджын дæхæдæг дæ. Кæд æй иунæгæй нæ арæзтай, уæд æй æмбисыл уæддæр саразын хъуыд. Цæмæн хъæуы иу хъæуы дыууæ клубы. Фæлта.у иу уæд æмæ рæстмæ. Районы æххуыс дæр хорз у, цæ- уылнæ, фæлæ лæгæн йæхицæн амал куы уа, уæд район- мæ цæмæн хъуамæ кæса. Фæлæ мæм уæддæр афтæ кæ- сы, цыма дæ де ’рдхорд ницæйаг хъуыддаджы тыххæй адæмы цæсты нæ’ баф_таудзæн. Ницæйаг хъуыддаг, зæгъгæ, Аслан барæй загъта Арысханæн. Уый фæндыд, Арысхан ын ’бæлвырддæр куы æрныхас кодтаид, Мысостимæ цæмæн фæбыцæу сты, уый тыххæй. Уæдмæ йын йæ сусæг хъуыдытæ феокъуыдта Арысханы ныхас. — Ницæйаг дæр ын схонæн пæй, æфсымæр. Хорæфс- найыны рæстæджы тæккæ æхсызгондæр чи хъæуы, ахæм хъуыддагыл у нæ быцæу. Аслан стъолмæ æнгомдæр бакодта йæ бандон æмæ йæхи æрцæттæ кодта Арысханмæ хъусынмæ. Арысхан ’та сыхæгты гом рудзынджы ’рдæм бакаст, цыма йын ис- чи <йæ ныхас куы фехъуеа, уымæй тарст, уыйау, æмæ сабыргай райдыдта дзурын: — Хорæфснайыны рæстæджы махæн горæты органи- зацитæ машинæты колоннæтæ æххуысæн рарвыстой. Гъе, æмæ сын сæ машинæты колоннæ нæхи ’рдыгæй фæ- нодтам. Чи зоны, раст нæ бакодтам, фæлæ нып æндæр гæнæн нæ уыди. Районы цæугæ Сырх тырыса мæнмæ ис. Æмæ уыцы стыр кад та бахъахъхъæнын хъæуы. | — Цыбыр дзырдæй, ерыс цы колхозимæ кæныс, ууыл сайдæй разылдтæ? — хин худт бакодта Аслан. 310
— Ерыс дугъæй уæлдай нæу. Ды фæразæй у, æмæ куыдфæнды дæр уæд, — Асланы уæхак рог æрхоста Арысхан. «Диссаг, раззаг колхозы сæрдар, æмæ ерыс куыд æмбары», — йæхинымæры ахъуыды кодта Аслан æмæ йæ фæндыдис Арысханæн комкоммæ зæгъын, зæгъгæ, социалистон ерысы тырнын хъæуы ^канд хи сгуыхтдзи- нæдтæм нæ, фæлæ кæимæ ерыс кæныс, уый сгуыхтдзи- нæдтæм дæр». Фæлæ йын ахæмæй ницы загъта. Арысхан та рауагъта цайцымæнты арахъхъ. Асланы фæндыд зæгъын, зæгъгæ, æндæр нал баназдзынæн, би- рæ хъуыддæгтæ мæ ис, фæлæ хорз зыдта ирон фынджы æгъдæуттæ уазæгæн уæлдай нуазæн радтыны тыххæй æмæ куы нæ нуазай, уæддæр ма дзы чысыл гаджидæут- тæ нæ вæййы: хæлардзинады, ныййарджыты, бæркад- бæрæчеты æмæ, æппынфæстаг, та къæсæр уастырджы- йы тыххæй. Арысхан фыццаг агуывзæ куыд анызта, уы- мæй Аслан уайтагъддæр хаццæг скодта «ай адæйма- джы йæ цыппæртыл абырын кæндзæн», зæгъгæ, æмæ йын сæфсон кодта, дохтыртæ йæ æппындæр нуазын кæй нæ уадзынц. — Хъыгаг хъуыддаг! — цыма йын йæ зæрдæйы фæн- дон баххæст кæнын кæй джиздары уазæг, уый йæм хар- дзау фæкаст, афтæ сдзырдта Арысхан. Фынджы цурмæ та фæзынд Дзæка. —■ Дæ хорзæхæй, немæ сбад, — бандонæй йын фес- тад Аслан. — Не ’фсин, нуазæн дын, — цайцымæн Арысхаы фæ- сагъта Дзæкайы къухты. Дзæка айста нуазæн, йæ рахис къухы æнгуылдзтыл æй разæйгомау æрæвæрдта æмæ йæ афтæмæй бадаргъ кодта Асланмæ. Аслан райста нуазæн. Цæстуарзон пыхæстæй акуыв- та æфсииæн, стæй дзы хатыр ракуырдта, цæмæй йын æй ма баназын кæной, уæлдайдæр та тынг карз арахъхъ у, æмæ йæ нырма хицæуттæй кæйдæртимæ сæмбæлын хъæуы, зæгъгæ, стæй æнæуи дæр аив нæ уыдзæн уыдо- нимæ уæззау сæрæй ныхас кæнын. —■ Гыццыл агуывзæйæ дын æй уæддæр æнæбаназгæ 311
нæй, — бахатыд та йæм Арысхан æмæ йьш чысыл агуывзæ йæ къухты фæсагъта. Аслан акуывта Дзæка æмæ Арысханæн æмæ баныз- та æфсины нуазæн. — Хæлар дын уæд! — загъта Дзæка æмæ, хатыр ра- кургæйæ, нæма фæдæн нырма мæ зилæитæ, зæгъгæ, зхызт мæнгагъуьгстмæ. Арысхан дыккаг цайцымæн банызта сæрмагондæп Асланæн йæхи цæрæнбоны тыххæй æмæ дзурынмæ фæ- къæртт. Ногæй та рахызт Мысостмæ, рахуыдта йæ сау- зæрдæ, æгæр хивæнд. Фæлæ йыл цæмæй уазæджы зæр- дæ ма бахуда, уый тыххæй’ма йæ ныхæстæм афтыдта: — Фæлæ сæрæн дæр афтæ у. Цы бафæнд кæна æмæ йын цы нæ бантысдзæн. Уымæн йæ уд йæ дзæцц у ног- дзинад, ног техникæ. Æнæуи йын йæ цард ад дæр нал кæны. Раст мæнæ сылгоймаг ног модæ-йыл куыд уа, аф- тæ у уый хъуыддаг дæр. Фæдис кæны размæ. Цæмæ не ’вналы, ахæм ын нал ис. Ныр та, зæронды ’рдæм, бав- дæлд æмæ Темирязевы академи фæуынмæ хъавы. — Уый адæймаджы хорз миниуæг у. Ахæм æрдхор- ды .фæзмын хъæуы æмæ дзы хъуамæ сæрыстыр уай. — Гъæй, дæ бонæй дæ уа, Аслан, зæхх театр нæу, пæ. Уым сымах хъулон гæххæттытæй акæнут къултæ, хæдзæрттæ, бæлæстæ, æз театры хъуыддæгтæ хорз зо- нын. Фæлæ ам, зæххыл афтæтæ гæнæн нæй. Алы халсар нæ зайы мах зæххыл. Уый та йæ тыхæй дæр зайын кæ- ны. Алцæуыл дæр фæлвары. Нæ зайыс, уæдæр, дам, æр- зай. Æмæ ахсджиаг куысты рæстæг ницæйаг хъуыд- дæгтыл сафы. Уый низæй ма, табу дæ фарнæи, фæлæ мæхи фырт дæр сæйын райдыдта. Ацы аз æнхъ’æл уыд- .тæн, зæгъып, нæ дыууæ дæр райсдзыстæм Социалистон хъайтары нæмттæ. Фæлæ Мысосты ардыдæй бавдæлд æмæ цæргæ-цæрæнбонты уарыны æртахæй дарддæр до- ны хъæстæ чи нæ фæцис, ахæм æдзæрæг быдыры, Зил- гæдоны тъæпæн, зæгъгæ, йæ ном, бакодта фондз гекта- ры нартхор. Цас сын фæдзырдтон, фæлæ мæм нæ бай- хъуыстой. Хур æй куы басыгъта, уæд ма йæм æрæджиау дон аскъæрдтой, фæлæ марды фæстæ топп куы фехсай, уымæй уæлдай нæу. Колхоз нæ, фæлæ дзы раст фæлва- рæц станцæ сарæзта. Бынтон æндæр хуызы у мæнмæ 312
хъуыддаг. Мæ колхозонтæй иуæй-иутæм ис дыгай-æрты- гай хъуццытæ. Æрмæст сæхи цæхæрадæттæй кæй рай- сынц, уый дæр сын афæдзваг у раст. Уымæ та цы ис? Клубæй схæссынмæ хъавы йæ адæмы, æви кинотæ æмæ театртæй? — уазæг театрæй у, уый куы фæхъуыды код- та, уæд дзы цыма хатыр куырдта, уыйау ын загъта: æииу дæуæн хъыг ма уæд, театры кой кæй окодтон, уый. — Театр адæймаджы царды фидауы, физонæг уæ- ливыхимæ куыд фидауы, афтæ... Сæ дыууæ дæр бахудтысты, стæй Хабары фырт ба- фарста, сыхаг колхоз æцæг афтæ æгуыдзæг ран ис, æви йæ барæй афтæ æвæрьгс, зæгъгæ. — Мах хор фылдæр радтам фæллойбонмæ — æрты- гай килограммтæ сырх мæнæу, дыууадæсгай килограм- мтæ та нартхор. — Уый та? — Мæнæу сæм фæллойбонмæ æрхаудта тыххæйты дыгæйттæ, нартхор та—æстгæйттæ. — Æвзæр нæ радта уый дæр, фæлæ хорæй дарддæр ницы æрхаудта фæллойбоитæм? — Цæуылнæ, мæ колхозы æз фæллойбонæн бафыс- тон æхца ме ’рдхорды колхозæй дыууæ хатты фылдæр. Уый та ма йæ ад&мы былтæ айсæрста мыдæй, фæкодта сæ сæнæфсиры хъæстæ дæр. Фæлæ æз ахæм ницæйаг хъуыддæгтыл зынаргъ рæстæг нæ сафын, йе ’ппæт мы- дыбындзытæ æмæ сæнæфсирты иу мæнæ ахæмыл баи- вин, — нуазæн йæ къухмæ систа æмæ дзы, иу цæст æр- цъынд кæнгæйæ, акаст, — кæд сæ хъæуы мыд, уæд ауæй кæнæд хор æмæ балхæнæд базары мыд дæр æмæ сæнæфсир дæр. Мысост, ирон хуыд кæттаг хæдоны, кæсæнцæстытæ йæ уæлæ, йæ къухы чиныг, афтæмæй рацæпцыд дыргъ- доны ’рдæм. — Уæртæ дьш уый клубы хицау йæхæдæг, ног тех- никæйы мад, — Асланы хъусы бадзырдта Арысхан. Аслан сыстад фынгæй, хатыр ракуырдта Арысханæй, мæн тынг зæрдиагæй аныхас хъæуы Мысостимæ, зæгъ- гæ. — Сæгъ æргæвдын дæ ма бахъæуæд, дæ фысым ма аив. 313
— Нæ, нæ, — цæугæ-цæуын бахудт Аслан, — мах ма фембæлдзыстæм, — æмæ ахызти кæртмæ. АХСДЖИАГ ФАРСТ Хабарты Асланы хæд размæ Фарныхъæуы уыдис Хестанты Уари. Фæстæмæ ’ районмæ ’куы цыд, уæд æй’ «.Уæлахизы» колхозæй чидæртæ фарста, зæгъгæ, дæм нæ фæндон куыд кæеы. Кæд æй рагацау зоньис, нæ колхоз- тæ баиу кæнынæй ницы рауайдзæн, уæд æй фæлтау кой дæр мауал скæнæм. Нæхи та ма адæмы цæсты цы ’фта- уæм. Районы иннæхъæутæ щæмæнхъуамæ амоной <мах- мае къухæй, зæгъгæ, Фарныхъæуы дыууæ колхозы æх- сæн сау гæды азгъордта æмæ æттæг-мидæг ауадысты. Фæлæ Уарийы бон нæ уыдис иунæгæй ахæм ахе- джиаг хъуыддаг алыг кæнын. Ныхас куы цыдаид райо- ны цауддæр колхозты баиукæныныл, гъе та раззагдæр æмæ фæстæзаддæр колхозты баиукæныныл, кæнæ уы- дон сæрдартæй искæйы йæ куыстæй аиуварс кæныныл уæд, чи зоны, бирæ ныфсджындæрæй загътаид йæ фæн- дон. Фæлæ ныртæккæ ныхас цыдис районы домбайдæр колхозтыл, уымæ гæсгæ сын загъта æргомæй: — Ахæм хъуыддаг алыг кæнын мæ бон нæу. Фарет сæвæрдзынæн партийы райкомы бюройы раз, бафæрс- дзынæн партийы обкомы дæр æмæ уæд бæрæг уыдзæн. — Омæ, уый афтæ фæуæд, фæлæ дæуæн дæхимæ куыд кæсы ацы хабар? — бафарста Хæсанæ. — Мæхимæ? — ногæй та ахъуыды кодта Уари, уæв- гæ йын, «Уæлахизы» колхозонтæ уыцы хъуыддаг куы бакой кодтой, уæдæй фæстæмæ йæ сæрæй нал цух код- та, раст æм фæкаст, стæй канд раст нæ, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, «Ахæм дыууæ домбай колхозы баиу кæн, уæд сын цас фадæттæ уаид». Æмæ йын ныр Хæса- нæ йæ’размæ комкоммæ фарст куы æрывæрдта, уæд ын æргом дзуапп дæттын кæй хъуыд, ууыл хъуыды дæр иал акодта æмæ загъта: — Сымахæй иуæй-иутæ рагацау тæрсынц фæрæди- йынæй, фæлæ тæрсгæ-ризгæйæ, хъуыддагмæ æвналын раст нæу. Хъуыддаг тынг ахсджиаг у æмæ йыл фида- р&й ахъуыды хъæуы; алы ’рдæм дæр æй абарæм, са- 314
хуыр æй кæнæм æмæ кæд дыууæ колхозы баиу кæнын зиан нæ хæсса, уа пайда, уæд ахæм хъуыддаг æнæ- мæнг бакæнын хъæуы. Сымах фæрсут мæхи фæндон, ома мæхимæ та куыд кæсы. Нæ зонын, партийы обком цы зæгъдзæн, куыд алыг ’кæндзæн фарст, уый. Фæлæ уæ фæндол м<æ зæрдæмæ тынг дæуы. — Гъемæ уæдæ, рагацау — бузныг. Æвæццæгæн ма ацы хъуыддаджы тыххæй фембæлдзыстæм, Уари, — стыр арфæйы хуызы Уарийы къух райста Ахберд. —, Æз дæр афтæ æнхъæл дæн, — бакодта Уари æмæ фæхицæн «Уæлахизы» колхозы партионтæй. Чысыл фæстæдæр райкомы виллис тахт сосæ фæн- дагыл районы центрмæ. Фæндаджы дыууæ- фарс дар- дыл ныззылдысты «Уæлахиз» æмæ «Размæйы» колхоз- ты мæнæуы хуымтæ. Уæззау мæнæуы æфсиртæ, цыма фæндаггæттæн æгъдау лæвæрдтой, уыйау сæ сæртæй кувæгау кодтой. Хорз уыдис æмæ тыхджын къæвда не ’рцыд, æндæра æвæджиауы мæнæуы хуымты багæн- дон кодтаид. Ныр та чьгсыл чи фæцудыдта, уыдон дæр сраст сты æмæ, денджызы улæнтау, хъазын райдыдтой. Уарийы сæры зилдух кодтой, чысыл раздæр «Размæйы» æмæ «Уæлахизы,» колхозты адæм ын й,æ размæ цы ахс- джиаг фарст сæвæрдтой, уый. Цы колхозонтимæ ныхас кодта, уыдон йæ цæстытыл уадысты сæ кæрæдзи ивгæ. «Æмæ зæгъæм обком дыууæ колхоз баиукæныныл сра- зы, уæд кæцы ном баззаид баиугонд колхозыл?» — йæ- хи’ фæрсæгау акодта Уари. — Сæ нæмттæй ницы зæ- гъæн ис. Арф хъуыды ис сæ дыууæйы дæр «Уæлахиз» æмæ «Размæ». Кæй нæ фæнды æдзухдæр уæлахиз уæ- вын, кæнæ размæ цæуын. Фæлæ иугæр колхозонтæм æрхаудта фарст алыг кæнын, уæд дызæрдыгаг нæу, «Размæйы» ном кæй равзардзысты, уый. Уарийæн йæ- химæ дæр «Размæйы» колхоз кæсы æцæг -сфæлдыста- дон колхоз. «Хъуамæ колхозтæ иууылдæр уой сфæл- дыстадон. Хъуамæ колхозы разамынд æхсæвæй-бонæй хъуыды кæна ноджы фылдæр æмæ хæрзгъæдджындæр хорæрзадыл. Зæххыл равзæрди адæймаг цæрынæн æмæ фæллойкæнынæн. Æмæ цæрын дæр зонын хъæуы, стæй фæллойкæнын дæр». — йæ хъустыл, цыма, ногæй ауа- дысты Мысосты ныхæстæ. Цæвиттоны хъуыддагæн, 315
Арысханимæ фембæлды фæстæ Уари Мысостимæ цæ- хæрадонмæ куы ацыд, уæд ын Мысост бæлвырдæй æр- ныхас кодта, дыууæ колхозы -цы хорздзинæдтæ ис, æп- пæт уыцы хъуыддæгты тыххæй. Фæлæ сын нæ бамбæхс- та сæ хъæндзинæдтæ дæр. «Культурон-рухсадон фарста хъуамæ уа сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу, — загъта Мы- сост Уарийæн. — Алы колхозон дæр æ^сæнадон стыр хъуыддагмæ хъуамæ кæса паддзахадон цæстæнгасæй. Афтæ куы уа, уæд уып уыдзæн пæ уæлахиздзинады сæйрагдæр суадæттæй иу. Уæд, Сырхауты Ахберды загъдау, хор дурыл дæр æрзайын кæндзыстæм. Иууыл- дæр афтæ куы хъуыды кæной, уæд колхозты нал уы- дзæн зæрæстон зæххытæ, фæлæ .бæрзоид тыллæг чн дæтта, æрмæстдæр ахæмтæ. Уæд тагъддæр бацæудзыс- тæм нæ бæллицаг фидæнмæ». Уарийы цæстытыл ногæй ауад Сырхауты Арысхан. «Мысосты хуызæн^ хъуыды кæны Арысхан дæр?» — йæхи фæрсæгау кодта Уари. . — Нæ, — йæ еæр нæ разыйы тылд бакодтæ Уари.— Уый фидæнмæ уыибæрц тагъд нæ тындзы. Уый фæнды социализмы дæр цардæй къæртт аппарын. «Мæнæн со- циализмы дæр æвзæр нæу», — цыма та йæ хъустыл ауа- дысты Арысханы ныхæстæ, афтæ йæм фæ/каст. — Æрдхæрттæ, сыхæгтæ, дыууæ колхозы сæрдары, фæлæ цæй алыхуызон сты? Сæ иу æдзухдæр кæсы æмæ тырны размæ, иннæ та фæлæууыд йæ размæцыдæп, æртхутæгкæнын байдыдта. Ахæм ныхмæлæууæг хъуыдытæ кæнгæ Уари бахæц- цæ партийы райкоммæ. Шофыр фæурæдта машинæ. Уари рахызт æмæ фæцæйцыд йæ кабинетмæ. Фæлæ йын йæ техникон секретарь Нинæ куы бамбарын кодта, зæгъгæ, респуОликæйы газеты уацхæссæг Хабары фырт бады парткабинеты æмæ ныхас кæны «Уæлахизы» кол- хозы сæрдар (^ырхауты Арысханимæ, уæд сæм фез- дæхти. — Иттæг йехсызгон мæ хъуыдтæ, куыд фехъуыстон, афтæмæй Сырхауты Арысханимæ зонгæ стут, — ба- кодта Уари æмæ сын сæ къухтæ райста. Аслан нотæй йæ цæст æрхаста Арысханыл æмæ йа^ худын тыххæй баурæдта: йæ зæрдыл æрбалæууыд, Арыс- хантйем куыд минас кодта, æмæ Арысхан йæ цæрæнбон- 316
ты тыххæй, ирон театры сгуыхтдзинæдты тыххæй сæрма- ,онд нуазæн куьгд банызта, уый. Фæлæ уæд Арысхан кыртæккæйы хуызæн сырх нæ уыд: ныр йе ’ставд нарст цæсгом æгасæй дæр туджы зылдис, йæ цæстæнгасæй бæ- рæг уыдис: Уарийы æрбацыд ын нæ уыд æхсызгон. — ,Хъуыддæгтæ цас раст сты, уый нæ зонын, фæлæ мьгн сæ Сырхауты Арысхан йæхæдæг радзырдта. — ба;м- барын кодта Аслан. ХъæубæстУ -фæсивæд Арысханы куы фарстой, куыд дæм фæкасти уыцы театры кусæг, зæгъгæ, уæд бам- бæрста,. артисты æфсон йæ митæ я кæмæн фæдзырдта, \ый. Уари йын ахæм хъуыддаджы тыххæй йæ къух кæй нæ райсдзæн, кæй йæ бафхæрдзæн, уый ратацау зыдта, фæлæ йæм æгæр цæмæй ма смæсгы уа, уый тыххæй йæм æрбамидæг ардæм æмæ хъуыддаг куыддæриддæр уыд, афтæ йыи æй радзурынмæ хъавыд. Фæлæ йæ йæ кабине- ты не ’рбаййæфта. Бакасти парткабинетмæ дæр æмæ дзы баййæфта йæ зонгæ «артисты». Калм, дам, битъы- найæ тарсти æмæ, дам, йæ хуыккомыл æрзади. Уыйау Арысхан дæр. Асланимæ ног фембæлдæй тарсти æмæ та йæ размæ фæцис. Цалынмæ Аслан Арысханимæлшхæс- тыл схæцыдис, уæдмæ фæзыидис Уари дæр. Радзырдта Яы’н хъуыддаг, фæдæ Арысхан уымæй Уарийы зæрдæ нæ балхæдта. Уый хорз æмбæрста Арысханы зæрдæйы уаг æмæ, зæгъгæ, ахæмæдылыйы уавæрмæ нæ бахаудта, уæд сыфцæй ласгæйæ дæр нæ фæзындаид Уаримæ. Арысхан æнхъæл дæр куыд нæ уыд, афтæ тынг æй баф- хæрдта Уари Асланы раз, Мысосты машинæты колоннæ асайды тыххæй. Арысхан ацыд йæ масты фæндагыл æмæ загъта: — Гъе, уæдæ уын кæд æз нал бæззын, уæд уæ кæй фæнды, уый æвзарут колхозы сæрдарæй, æз æндæр ра- поны дæр ссардзынæн куыст. Арысхан йæ зæрдæ дардта, колхозы сæрдарæй къорд азты кæй фæкуыста æмæ ныр та районы цæугæ Сырх тырыса хæссæг кæй у, уыцы хъуыддагыл. Афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ æнæхъæн республикæйы кæцы- фæнды районы разамындæн дæр бакой кодта куысты тыххæй, уæд ын сæ иу дæр нæ нæ зæгъид. Алчи дæр æй, хъуыры цъарæй лæгъстæгæнгæйæ, айсид йæхимæ. Уари чысыл блокнот йæ дзыппæй систа æмæ йæ, бай- 317
гомкæнгæйæ, йæ разы æрывæрдта, æрхаста йыл йæ цæст. Кæд дзы Фарныхъæуы колхозы тыххæй цы фарстатæ ныффьгста, уыдон фидарæй йде зæрдыл * лæууыдысты, уæддæр. — Мысост æмæ Арысханы быцæу машинæты колон- нæйы фæдыл кæй рацыд, уый тыххæй дын Арысхан йæ- хæдæг хорз радзырдта хъуыддаг, — райдыдта йæ ныхас Уари, — фæлæ ныхас канд машинæты колонпæйыл нæ цæуы. «Уæлахизы» колхозы адæмæй бирæтæ «Размæ- йы» .колхозмæ балæвæрдтой куырдиæттæ, цæмæй сæ сæ- химæ айсой. — Уыдон Мысосты митæ сты, — йæхи нæ баурæдта Арысхан, — уый сæ ардауы. — Бахатыр кæн, Арьисхан, фæлæ ныхас .æрмæст кæй- , дæрты куырдиæттæ бадæттыныл нæ цæуы. Ноджы ахс- джиагдæр фарст мын сæвæрдтой мæ разы. «Уæлахизы» колхозы адæмæй бирæтæ, уыдонимæ та сæ партион орга- низацийы секретарь — дæхи фырт Хæсанæ, курыиц, пæ- мæй «Уæлахизы» æмæ «Размæйы» колхозтæ иугонд æр- цæуой æмæ сын сæрдарæй равзарой Мысосты. Уый кол- хозон адæмы хъæлæс у æмæ’йæ æз та партийы обкомы размæ сæ^вæрдзынæн. Арысхан уæдæй нырмæ дæр æнхъæлмæ каст, зæгъ- гæ, æз кæй нæ зонын, цавæр ахæм ахсджиаг хъуыддаг б.афа\цзæхстаиккой колхозоитæ Уарийæн. Уæвгæ сæхи- мæ партион æмбырды фехъуыста колхозтæ .баиукæныны тыххæй райкомы размæ фарст æрывæрыны фæндон. Фæ- лæ йæ уæд иицæмæ æрдардта. Ныр ын Уари куыд загъ- 1а фарст парт’ины обкомы раз сæвæрдзынæн, зæгъгæ, уæд цæф арсы гæпп фæкодта йæ бынатæй, фæлæ йыл фæсгæмæ æрхауæгау кодта. Чысыл фæстæдæр районы центрæй Фариыхъæумæ фæндагыл донласт карчы хуызæнæй, йæ уæхсджыты ’хсæн йæ сæр аныгъуылди, афтæмæй бидаркæйы цыд «Уæлахизы» колхозы сæрдар Сырхауты Арысхан. ФЫДÆХСÆВ Дысоны æхсæв Арьгсхан æпæ хуыосæг фæцис. Бира^ рафт-бафт фæкодта йæ хуыосæны. Иу чысыл цæмæй афынæй уыдаид, уый тыххæй ма йæ цæсты уæлтъыфыл- 318
тæ дæр æрæхгæдта, фæлæ йæм хуыосæг æмгæрон нал цыдис. йæ зæронд æрдхорд Мыоостьг тынг фæхæрам кодта йæхимæ. Тарсти дзы машинæты колоннæйы асай- ды хабар ын куы нæ ныббара. Куы сæвæра фарста пар- тийы р-айкомы бюройы раз, уæд мæ бафхæрдзысты, зæгъгæ, уæлдайдæр та Уари. Уьгмæй йе ’уæны мигъ бадт Арысханæн. Бæргæ сын нæ басастаид, загътаид сыр рæдыдæй акодтон машинæты колоннæ, фæлæ йе ’намон- дæн фæзындисуыцы уацхæссæг æмæ йынхъуыддаг, æцæ- гæй куыд уыди, афтæ ралæхурдта йæ фыдбылызы æв- загæй. Радзырдта йæ Уарийæн дæр. «Цыфæнды дæр уæд, уæддæр балæхстæ хъæуы ис- кæмæнты, — хъуыды кодта Арысхан, — уæлдайдæр та Дударæн». Ууыл тынг йæ зæрдæ дардта. Афтæ йæм каст, цыма йын ацы хабар куы радзура, уæд æй баны- мæг кæндзæч, нæ йæ бауадздзæн ныццитт-цитт кæнык. Фыццаг .кæркуасæнты фæдисы уаст райдыдтой уас- джытæ. Цыма сæ хидаумæ дзырдтой «Гъæй, :марадз, Арысхан, хуыссыны рæстæг нæу, фæгæпп кæн тагъддæр æмæ дæ хæлæртты æрцагур, бахъахъхъæ де стыр кад æмæ ном, науæд дæ фыры сыкъайы здыхт æркæндзæн дæ кæддæры хæлар Мысост». Боны цъæхтыл Арысхан, баивтыгъта дыдзæлхыг уæр- доны бæх æмæ араст районы дентрмæ. — Дудар, æрмæстдæр Дудар фервæзын кæндзæн дæу. Уымæ бахатын хъæуы, уый дæ куы нæ фервæзын кæиа ацы фыдбылызæй, уæд, ’Арысхан, зынæфсис лæгæй стыр комдзаг йæ хъуыры куыд фæбады, афтæ дæ хъуы- ры фæбаддзысты ’æмæ ферхæцдзынæ дæ сусæг рæсугъд хъуыдытæй, — дзырдта Арысханмæ йæ тыхст зæрдæ, Æмæ йæм рæсугъд хъуыдытæ та уæвгæ чысыл нæ уыд. Арысханы фидарæй уырныдта, ацы аз ын кæй рат- дзысты социалистои Геройы ном. Сæйраг Советы Пре- зидиумы сæрдар ын йæхи ар,мæй бакæндзæн йæ риуыл сыгъзæрип стъалы; йæ къух ын райсдзæн æмæ йын зæгъ- дзæн: — Хуыздæр фæу, Арысхан. Фарны районæн йе ’нувыд куыстæй ахæм кад чи скодта. — Арысхап бахудт йæ мид- былты. Фæлæ уыцы æнæхайыры машинæты колоннæ йæ ?»æрдыл куы æрбалæууыд, уæд фæтар кодта йе ’рфгуы- 319
тæ, тарсти йæ рæсугъд фæндтæ куы фæсыкк уой. Мæс- ты кодта йæ фыдбылызы каис Кæрæфбегмæ. Уый йæ ба- цырын кодта ахæм рæдыд ми бакæнынмæ. Уый нæ, фæ- лæ ма стыр фæндагыл машинæты колоннæйы размæ ря- цыд Кæрæфбег йæхæдæг æмæ сæ арвыста Арысханы колхозмæ. Бафæдзæхста сыи йæхи номæй, цæ- мæй зæгъой колхозы сæрдарæн æмæ сæ ма бакъуы- лымпы кæна, тагъддæр сæ рарвита фæстæмæ. Æмæ дзы уæд тынг бузныг фæцис. Фæлæ ныр та? Ныр та, бæл- вырддæр куы ахъуыды кодта, уæд тыпг смæсты Кае- рæфбегмæ. Арьгсханы бæх Згъар фаддзу кодта, йæ фæстæ узгæ- узгæ скъæфта дыдзæлхыгы йæ хицауы. Арысханы сæры зилдух кбдтой ныхмæлæууæг хъуыдытæ æмæ йын æн- цойдзииад пæ лæвæрдтой. Йæ’ къухы уырзтау æвзарæ- гау кодта районы кусджыты, партийы райкомы бюройы уæнгты; уæлдайдæр та уыдонæй йæ хæдзары кæимæ бадт, æмæ минас кодта, уыдоны. Фæлæ дзы Радиты Дудары йедтæмæ уадиосагæй йæ зæрдæ никæуыл дард- та. Райоиы кусджытæй тæккæ арæхдæр кæимæ æмбæл- ди æмæ минас кодта, уыдонæй иу уыдис Радиты Дудар; Дыккаг та районы собесы хицау Цъæмæлты Шæлæт. Фæлæ Шæлæт кæд цыфæнды хуыцауы æлгъыст у, уæд- дæр æм а’хæм хъуыддаджы цæй ныхасы бар æрхаудзæн. Гье, фæлæ уæддæр Дудары разæй Цъæмæлы фырты абæрæгкæнын хъæуы. Иу зонд—хорз, дыууæ та—ноджы хуыздæр. Шæлæты зонд бæззы ахæм хъуыддæгты, — æмæ йæ бидаркæ баздæхта собесы кæрты хосы цъына- мæ. Бафтыдта йыл бæх. Йæхæдæг фæмидæг Цъæмæлы фырты кабинеты, хъуыддаджы тых-хæй Шæлæтмæ цы адæм æнхъæлмæ каст, уыдон не ’рхьуыды кæнгæйæ. Рахабар ын кодта хъуыддаг. Шæлæтæн уæлдай æхсызгон уыдис, йæ сомбаны къа- йаг Сырхауты Ирæйы фыд Арысхан æм кæй фæзындис æххуыс æнхъæлцау, уый. «Фæлæ мæхи куыд дарон Арыс- ханы раз., — ахъуыды кодта йæхинымæры Шæлæт, — -уæздан, хиуылхæцгæ æмæ мæ гоби, гъе сылваз рахон- дзæн. Фæлтау цы кæнон, уый къæйныхæй. Мæнмæ гæс- гæ мæн нырмæ дæр Арысхан тынгдæр уарзта мæ къæй- иыхдзинады тыххæй». Æмæ Шæлæт куыд хъуыды код- 320
та, æцæгæй дæр йæхи афтæ дардта. Иуæй-иу хатт ын-иу æгæр фæцæхджын, фæлæ цыма афтæ æмбæлы, уыйау сæ Арысхан нæ фиппайдта. Гъе та сæ фиппайдта, фæлæ-иу ницы загъта. — Вопче, чи нæ арæхса, уымæн ахæм хъуыддаг йæ фæдыл, сыфцæйласæгау, ратæу-тæу кæнид стыр маст; уæлдайдæр та Уарийы ’рдыгæй. Фæлæ кæд уый районы сæр у, Арысхан, уæд мах дæр лæджы аууæттæ не стæм, нæ сæрыл худтæ хæссæм. Зонæм, хицауы фыдæк цы у, уый дæр, стæй йæ хорзæх дæр. Æмæ гæнæн куы уа (гæ- нæн га. нын уæвгæ ис), уæд «Чермены» цæссыджы бæс- ты, ома хуымæтæгдæр зæгъгæйæ, ирон карз арахъхъы бæсты цæмæн хъуамæ нуазæм хъыцъы дон. Масты хай уадз æмæ æдылытæ уæит. Мах ницæмæн хъæуы. Бам- бæрстай? — Арысханмæ, йæ галиу цæст æрныкъулгæйæ, фæрсæджы каст бакодта Шæлæт . Фæлæ Арысхан Шæлæты ныхæстæй уыйбæрц ницы бамбæрста. Шæлæт ноджы æввахсдæр бацыд Арысханмæ æмæ пæм йæ ’сæгъдзæстытæн æдзынæг бакаст, стæй йæ с’фарста: — Ацы хъуыддаджы тыххæй искæимæ ныхас кодтай0 — Нырма никæимæ. Зæгъын ыл демæ-.ауынаффæ кæ- нон. — Гъемæ хорз бакодтай. Ахæм хъуыддаджы тыххæй æппæты фыццагдæр цæуын хъæуы æрдхордмæ, хæлар- мæ. — Дыууæ æрдхорды та тæккæ абон æрбаддзысты се ’ртыккаг æрдхорды фæйнæ фарс, уымæн йæхи хæдзары, æмæ дзæбидыры сыкъатæй куы анызтытæ ;кæной, уæд ын æркæндзысты сæ хабар. Бамбæрстай? — Арысханы уæхскыл йæ къух æрæвæргæйæ, бафарста ногæй Шæлæт. — Нæ дæ ’мбарын! — О, мард дæ хæдзары бацæуа, Арысхан, дæ туг фæ* лыгъдис, æви дыл цы ’рцыдис? Абон Радиты Дудары хæдзары ис нæртоп куывд. Гъемæ уыцы куывдмæ та æз дæн сæрмагондæй хуынд. Иæ ус Мерийыл æххæст кæ- ны 50 азы. Бамбæрстай гъеныр? — Гъеныр дæ бамбæрстон! — Гъе уæдæ бавдæл æмæ дын мæнæ телефоны хæтæл. —телефоны трубкæ систа æмæ йæ куыд фæцæйдаргъ кодта Арысханмæ, афтæ трубкæйы хæрхæр ссыди. 21* 321
— Чызг, баиу мæ кæн «Уæлахизы» колхозы раза- мындимæ. Гъа, ныр дын хæтæл, Арысхан æмæ дæ адæ~ мæй искæмæн бафæдзæхс исты кусæрттаджы тыххæй. Дудар ахæм хъуыддæгтæ уарзы, уый дæхæдæг дæр хорз зоныс. Алы хатт ын ахæм аргъ кæй кæныс, уый тыххазй дæ галы бузныг у, тынг æввахс дæ æрбайста йæхимæ. Абон ын йæ бииойнаджы сæр куы æрхъуыды кæнай, уæд та уæлдай рухс ныккæсдзæн йæ зæрдæмæ. Суари бахардзæй сом куы амбулай, уæд дæ цæст дæр ма ны- къул. СтæйМерийы конд уæливыхтæ æмæ ’ирон арахъхъ цы ад кæнынц, уый нæхæдæг дæр хорз зонæм. Парахат зæрдæйы хицау у Дудар йæхæдæг дæр æмæ уарзгæ дæр кæны йæхи хуызæтты. Ды та Арысхан, æргом ныхасы къæм нæй, куыд зæронддæр кæныс, афтæ чъындыйæ- чъындыдæр кæныи байдыдтай. Мæнæн цы мæ бон у ам афтид цыгьпар къулы ’хсæн. Цавæр сойтæ дзы хъуамæ смæрзон? К’ьултæ æмæ къултæ. Нæл сæгъ æрдуцгæ ис- куы фехъуыстай? Никуы. Фæлæ дæ авналæнтæ æндæр сты. Алы ранæй дæр фæйнæ бындзыджы куы ратонай, уæддæр дын хæдонваг сты. Уæдæ дæ колхозы хуызæн колхоз та районы нæй. — Чысыл бахатыр кæн, — феокъуыдта Шæлæты ны- хас Арысхан. • — Ало, ало, чи дæ, чи? Цы? Дзуапп нæ дæтты. Ба- иу мæ кæн «Уæлахизы» колхозы сæрдЗр Сырхауты, о, о, Арысханы хæдзаримæ. Хорз, æпхъæлмæ кæсдзынæн. -- Дæ ныхас кæн, Шæлæт. — Цæмæй мæ ма ферох уа, Дударæн — кусæрттаг, мæнæи та дæ мæргъты фермæйæ дыууæ хъазы. — Иу. —Дыууæ хъазы. Уымæй уæлдай мæгуырдæр нал фæуыдзынæ, районы раззагдæр колхоз. — Шæлæт, зæрдæргъæвд адæймагæй дæ зыдтон, фэ> лæ цæй тагъд {ферох кодтай хæлцы комбинаты хъуыд- даг. Паддзахады дзыпмæ лæг дæрзæг къухæй куы ’вна- ла, уæд тæссаг у’æнæ къухæй баззайынæй. — Чепуха, фæлæ хæлцы комбинаты хъуыддаг Шæ- лæтæй никуы ферох уыдзæн. Гъех, æвæдза, уым цы цард акодтон, уый мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр мæ разы лæууæд. Иу ахæм цардыл ма мæ царды æмбис радтин. 322
— Уæдæ, уæдæ, фыдбылызæй ма тыхæй раир.вæз- тыстут. Радиты Дудары цæрæнбон бирæ... Уый уын нæ уыд, уæд уæ Сыбыры хай фæкодтаиккой. — Чепуха. Фæлæ уый диссаджы ’куыст уыд. Изæрæй дыууæ боцкъайы æрбатул. Райсомæй кæсыс æмæ нот рауагътой. Мисын цæгъдæгау: тъланг-тълунг, тъланг- тълунг... ног гуырд та райдыдта: «уа-у-уа» æмæ та дæ дзыпп æхцайæ йедзаг. — Мæ,нæй ма, сыгъдæг донæй сыл-иу ведратæй æн- хъизæн куы аскъæрдтай, уæд. —Ногæй та промышленностмæ сфæнд кодтон. Телефон дзæнгæрæг радта. —Ало!—Шæлæты ныхас фæурæдта Арысхан. — Чп дæ, чи? Кæрæфбег дæ? Махмæ дæ? Дæ сæр тынг зæр- диагæй хъæуы. Дæ сæр дæр æмæ де ’ххуыс дæр. Цыдæр дын бахæс кæнынмæ хъавын. Зивæг нæ кæныс, мыййаг? Рудзынгæй ма дæ сæр радар, телефонмæ дæуы йедтæмæ исчи хъусы? Ничи. Сæ дуарыл гуыдыр æвæрд ис? Уæ- дæ лæмбынæгæй байхъус. Æвæстиатæй ныууаиын хъæ- уы фысты фермæмæ æмæ цæсты чи ахады, ахæм далыс дзы ракæ. Мæргъты фермæйæ та, — Шæлæтмæ бакаст æмæ йын уый къухæй ацамыдга, — дыууæ хъазы рахæс- дзынæ. Нæхимæ сæ æрбаргæвд æмæ сæ бур физонæг фых скæн. Бамбæрстай? Ууыл та цы тыхсыс, фермæты хицæуттæн мæ номæй зæгъ. Уый фæстæ сыл акт скæн- дзыстæм. Хъуыддаг куыд у, зæгъыс? Хъуыддаг хорз куы уаид, уæд хма дæ фермæтæм ахæм æнтæфы фæдисæй æр- витин. Тынг æвзæр у хъуыддаг. йæ сæрыл цы дзæхсты- тæ расайдзæн, уыдон та сæйрагдæр ныдзæвдзысты нæ дыууæйыл. ’Баимбæрстай? Гъемæ хорз. Ныууай уыма: дæр. Æрмæст -фæтагъддæр кæнут. Рæстæг зыпаргъ у. Тæккæ абон хъæуынц. Арысхан æрывæрдта трубкæ æмæ фæрсæджы каст бакодта Шæлæтмæ, дарддæр та цы кæнæм, зæгъгæ. — Гъеныр та цом уæдæ æмæ лæвæртты амал бакæ- нæм, — йæ бынатæй сыстад Шæлæт. — Уый фæстæ та Дударимæ ,ацæудзыстæм кæсагахсынмæ. — Лæвæрттæ хорз, фæлæ æхца уадиссаг ницы ра- хастон ’мемæ, æмæ... — батыхсти Арысхан. — Ау, æмæ дын æз æхца куы нæ самал кæнон, уæд ма аып цæй хæлар дæн. Стæй дæ бауырнæд, Арысхан, æз 323
районы магазинты кусджытæй кæцымæ фæнды бацæ- уон æмæ йын йæ уд ^куы курон, «нæ» ’мын сæ ничи зæгъ- дзæн, баууæнддзæн мыл. Иу сылгоймаджы зæрдæ бал- хæнынæн лакæй конд туфлитæ, сау зæвæтджын цъын- датæ, шляпæ æмæ иу «жрепдашин» къабайаг æлхæн- дзыстæм æмæ уыдон дæр хæсыл нымайæм? Се ’скойы аргъ дæр не сты. Шæлæт рагъæнæй райста йæ шляпæ æмæ йæ зулварс æркодта йæ сæрыл, фæрсаг дуарыл ахизынмæ куыд хъа- выд, афтæ мидæмæ бахызт йæ, хърихъуппы хуызæн,- техникон секретарь Эльвирæ, йæ былтæ сырх-сырхид ахуырстæй æмæ тыхстгъуызæй Шæлæтæн бамбарьш кодта: ’ — Дæлæ та уьщы зæронд ус фæзындис. — Цавæр зæронд ус? -- Мæнæ цæйдæр пеноийыл чи зилы, уый. — Ма’ дзы байрай дæ зæронд усæй, æртæ мæйы мын æндæр кой нал кæныс. Ныртæккæ мæ уымæ не ’вдæлы. Æвæстиатæй мæм дзуры Радиты Дудар мæнæ нæ ра- йоны раззагдæр колхозы сæрдар Арысханимæ æмæ уыр- дæм цæуЫн, — афæлывта йæ секретары Шæлæт. — Мах мæнæ ацы дуарьгл ахызтыстæм æмæ мæ нæ федтай. Абон иу адæймаджы дæр нæ райсдзынæн æмæ дзæгъæ- лы æнхъæлмæ ма кæсæд. Бамбæрстай? — Бамбæрстон! — йæ хицауæн дзуапп радта Эльви- рæ æмæ йæ кусæн уатмæ ахызти*. Арысхан æмæ Шæлæт та, стыр хъуыддаг хуызæй, г тагъд кодтой магазинмæ. ГУЫРÆН БОН Радиты Дударй хæдзармæ дардæй куы бакæсан, уæд йæ уындæй дæ зæрдæ барухс уыдзæн, фæцис дыргъ бæлæсты бын. Ахæм хæдзæрттæ ма вæййы денджызы был. Цæмæй тыхджын хур æгæр ма« тыхсын кæна, ден^- джызы былмæ чи фæцæуы, уыцы адæмы, уый тыххæй фæлладуадзæн хæдзæртты алварс ныссадзынц алыхуы- зон бæлæстæ. Райдай схъæлзæнг кипаристæй, фæтæн сыф фикустæй, зæххыл йæ хъуымбыл дзыккутæ кæмæн фенцайыиц æмæ уддзюфы базмæлдæй уæздан æркув- 324
æркув чи фæкæны, уыцы гæдыхæрис бæлæстæй, суанг хуымæтæджы заз, тæгæр, нæзы æмæ æхсызгон тæф дæд- тæг рæсугъд дидинджыты онг. Дудары хæдзары раз кæд ахæм кипаристæ нæ зайы, уæвгæ ахæм бæлæстæ куы рæзинкой Ирыстоны зæххыл, уæд, æвæццæгæн, ацы хæдзарæй раздæр никæмæ фæзы- Н’иккой, уæддæр æвзæр нæу ам æнæ кипаристæй дæр. Уæлдайдæр та уалдзæг æмæ сæрды рæстæджы. Йæ дыргъдонмæ йын бакæс, уæд дзы цавæр мыггаг бæлæс- тæ нæ фендзынæ. Ис дзы, раджы, чи ацæттæ вæййы, ахæм гуырдзиаг балтæ, алагираг ставд сау æмæ урс члауитæ, сырхфарс фæткъуытæ. Уæдæ сæрды сау рæ- гъæд чи свæййы, ахæм кæрдотæ, мыдадзау, бурбурид фæткъуытæ дæр дзы чысыл ’нæй. Уæлдай хъæздыгдæр у унайлаг рæсугъд æмæ ставд фæткъуытæй. Дыргъбæлæсты бын рæнхъгай сагъд сты хъæлæрдзыйы къутæртæ, къорд раны та—мæнæргъытæ. Зымæг фæцæйфæуд кæны; уæддæр ма Радиты Дудары хæдзары вæййы, йæ^ иу бакастæй комы дæттæ кæмæ æр- уайынц, ахæм дыргътæ. Денджызы дзыккуджын гæды хæрис бæлæсты бæсты тыргъты æрзæбул сты, стæй уæл- хæдзармæ, хилæгау, сбырыдысты сæ" фæтæнсыф лыс- тæг къабузтимæ урс æмæ сау сæнæфсиры бæлæстæ. Ду- дар сæ кæддæр «чысыл къæцæлтæй æрласта Гуырдзысто- нæй. Ныссагъта -сæ хæдзары хурскæсæны ’рдыгæй, сбæ- лæстæ сты. Куы сцæттæ вæййынц, уæд сæнæфсирты ставд цупæлттæ армы тъæпæны нал фæцæуынц. Хæдза- ры фæсчъылдымæй кæсы стыр æнгуз бæлас Уымæй чы- сыл æттæдæр—Дудары фыд Майрæмы сагъд тута бæлас. Дыууæ бæласы зæнгтыл Дудар ныффидар кодта йæхи- цæн хызæй конд сынтæг гамак, зæгъгæ, æмæ йыл уал- дзæг æмæ сæрд фæскуыст йæ фæллад фæуадзы. Абон уæлдай хъæлдзæгдæр у Дудары хæдзар. Абон йæ царды ’мбал Мерийы гуырæн бон у. Дудар ахæм рæстæг куыстмæ никуы фæцæуы. Абон дæр сæумæрай- сомæй æфсоны уад ’б-акодта йæ кабинетмæ, иу дыууæ колхозы сæрдаримæ аныхас кодта, бадзырдта Уаримæ дæр. Уæдмæ йæм фæзындысты Цъæмæлты Шæлæт æмæ Сырхауты Арысхан. Шæлæты ма знон дæр федта, фæ- л^ Арысханыл тынг бацин кодта. 325
— Хорз афон фæзындтæ, æз та ма дæм уæхимæ ныдз- дзырдтон. Абон, табу уæ фарнæн, фæлæ не ’фоиныл æххæст кæны фæндза^ азы æмæ, зæгъын, иу чысыл нæ- химæ иумæ куы абадиккам. Зæрæдты зæрдæхудты ма бацæут, гъи? Шæлæт! — Раст зæгьы Дудар Майрæмович! Абон махмæ уы~ мæй æхсызгондæр хъуыддаг ницы ис. Мерийы хорздзи- нæдтæ нын цæмæй мæрдты фидгæйæ ма ’рцæуой, уый тыххæй нæхи фæсфæд нæ аласдзыстæм, æгъдау дæттын базондзыстæм. — Цæй æгъдау дæттын дзы хъæуы, йæ цæрæнбонты тыххæй фæйнæ баназдзысгæм, æндæр, — хиуылхæцгæ загъга Дудар æмæ Арысхапмæ бакаст. Бафиппайдта, цæуылдæр æнкъард кæй у, уый. — Фæрæты хъæд аны- хъуырдтай, æви цы кæныс, Арысхан? — бафарста Ду- дар. -- Мæ-гъа, — бынозты сулæфыд Арысхан. — Дудар Майрæмович, Арысхан хъуыддагмæ фæ- зындис, «Размæйы» колхозы сæрдар Æхсараты Мысост- имæ фæбыцæу сты машинæты колоннæйы тыххæй, — бамбарын кодта Шæлæт. — Шæлæт, уыцы хъуыддаг ды мæнæн цæмæн дзу- рыс. Уый æз зыдтоы, Кæрæфбег стыр фæндаджы был куы лæууыд æмæ сæ «Уæлахизы» быдырмæ куы сардыд- та, суанг уыцы сахатæй фæстæмæ. Ам, районы къуыл- дыммæ æппæт дæр хорз зыны. Фæлæ нæ абон ахæм хъуыддæгтæм не ’вдæлы. Ныртæккæ æз цæуын Комрæ- бынмæ, фарель кæсæгтæ а’хсынмæ. Не фсин уыдонæй фылдæр ницы уарзы. Уæхæдæг зонут, йæ гуырæн бон ын кæддæраддæр йæ зæрдæ ахæм кæсæгтæй балхæнын. Кæд уæ искæйы фæнды, уæд мын æмбалæн фæлæууæд. Иннæ хъуыддæгтыл изæры нæхимæ ауынаффæ кæндзыс- тæм. — Уымæй та нæ цы фæрсыс? Мах дæр—цæттæ! — стыр разæнгардæй дзуапп радта Шæлæт. Чысыл фæстæдæр се ’ртæйы дæр рог машинæ скъæф- та Комрæбыны фæндагыл. Дудар хорз зыдта фæсра- гъы бынмæ цы цъити дон цæуы, уым арæх кæй вæййы фарель кæсæгтæ. Æмæ йæ фæндаг комкоммæ сарæзта уырдæм. 326
Стыр фæссихортæм фæахстой кæсæгтæ. Арысхан зæрдæйæ-зæрдæмæ чьисыл нæ фæныхас кодта Дудари- мæ. Радзырдта йын йæ зæрдæйы цы маст уыд, уый дæр, областы газеты уацхæссæг Хабарты Асланы артист куыд фенхъæлдта, стæй Мысостимæ кæй фæхæрам сты, уы- дæттæ. — Мæ ныхæстæ мын афтæ ма бамбар æмæ дæ Мы- состыл ардауын, уæд хæдзар хæлд фæуон, — йе ’взаг аскъæрдта Арысхан, — дæхæдæг зоныс, Дудар, рагæй- æрæгмæ демæ хæларæй цæрын. Уæдæ Мысостимæ къад- дæр хæлар нæ уыдтæн уьщы æпæбайрайгæ машинæты колоннæйы асайды онг. Иу хæдон мын йемæ уæрæх уыд. Ау, фыдæлтæй нырмæ ирон æрдхорддзинад æмби- сондæн куы баззад. Фæлæ æз æрæджиау куыд рахатыд- тæн, афтæмæй ахæм æрдхорддзинад Мысостмæ хъар’гæ дæр нæ кæ,ны. Уый нæ, фæлæ ма мыл нæ къулбадæг лæппуйы дæр сардыдта æмæ мæм æрбауырдыг, уæдæ! Дæ бон, дам, колхозæн разамынд дæттын нæу æмæ, дам, барвæндонæй дæ бартæ Мысостмæ радт. Ды, дам, цар- дæй фæстийæ аззадтæ. Мысост та, дам, бонæй-бонмæ рæзгæ кæны. Уæд уый мардæрцыд нæу? Æш зæронд кусджытæ æцæгæй дæр нал хъæуынц? Бауырнæд дæ, нæ лæппу мæм ком1коммæ æрбакæсын дæр никуы уæндыд, яыр æй кæнæ хуыцау ралгъыста, кæнæ ардыд’у. Дыу- уæпæ дзы иуæн æнæ уæвгæ нæй. Фæлæ сæ кæцы раст- лæр у, нæ зонын. -»- Мысост æй кæй -сардыдта, ууыл та цы гуырысхо кæныс, Арысхан, — йæ ныхас баппæрста Шæлæт. — Хъæрæй ма дзур, Шæлæт, кæсæгты фæтæрсын кæндзынæ, Бал>бирæгътæй фылдæр мигътæм чи ниуы, фæлæ уый тыххæй мигътæ нæ фæкъаддæр вæййынц. Цард бонæй-бонмæ рæзгæ цæуы, Арысхан, — райдыдта пæ философи Дудар. — Брнæй-бон хуыздæр цæмæй цæ- рæм, ууыл тох кæнæм мах дæр. Фæлæ уый афтæ зæгъæг нæу æмæ мах, ацы царды сæраппонд тох кæнгæйæ, ха- ласау, чырс кæй сæрыл æрбадти, æмгъуыдæй раздæр чи азæронд ис, уыдон аиуварс кæнинаг стæм. Нæ! Афтæ у, зæгъгæ, царды æгъдау, уæд уый уаид тæккæ стырдæр рæдыд. Мах не ’вдæлди уæд чингуытæ кæсынмæ. Фæлæ нарды цы зындзинæдтæ федтам, уыдон сахуыркæнынæн 327
иу лæджы цард не сфаг уыдзæн. Цард, уый у ’тæккæ стырдæр 1скъола æмæ æз, ды, кæнæ Мысост йæхæдæг цардæй цы федтам æмæ зонæм, уыдонмæ гæсгæ нын куы аргъ кæнмккой, уæд мах уаиккам канд наукæты канди- дæттæ нæ, фæлæ профессортæ, академиктæ. Бамбæрс- тай? — Æрмæстдæр зондджын лæгæй фехъусдзынæ ахæм ныхас. — Дудары ныхæстæй сæрыстыр æмæ разыйæ баззади Шæлæт. — Шæлæт, цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы, — бафиппайдта Дудар, фæлæ дзы уæдмæ раппæлыд Арыс- хан дæр: — Ау, æмæ ды, Октябры революдийы сæраппонд йæ цард 1чи хаста, нæхи районы советон хицауад чи сарæз- та, уыцы Радиты Дудар нын зæронды бон ивгæйæ у. ^— Афтæ, уæдæ, Арысхан, Дудар дын гас куы уа, уæд тæрсгæ ма кæн. Нæ районы æнæ Дудары афæрсгæ ни- цы хъуыддаг гæнæн ис. Куы .бакæнынц Дудары æвæн- донæй, уæд та иæнæ нæ фæрæстмæ вæййы, кæнæ вæййы фыдбылызы хос. Федтай Зилгæдоны тъæпæны хъуыд- даг? Ныр уый тыххæй дзуатш дæттын бахъæудзæн об- лæсты размæ мах нæ, фæлæ дардмæуынæг 'Уари, Мы- сост æмæ дæ хивæнд фырт Хæсанæйы. Гыццыл бахъæуа æмæ йæ мæхицæн хæдивæгæй ма ракæнон. — Ныры хуызæн къæйныхæй йæ никуы зыдтон. Æдзухдæр хивæнд ныхас кæны. — Уый ницы кæны. Уым сын сæ цæхæр фæнымæг- дæр кæндзысты. Уæдæ уын уæ ’колхозтæ кæд баиу кæ- ной, — Дудар йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, бæрæг уыд уьгцы фарст ын йе скойæ дæр хъыг кæй уыдис, уый. Иу дзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй цыма дзырдтæ комы авынгæй тыхæй ласта, уыйау бакодта, — уæвгæ мæ уырнгæ нæ кæны, фæлæ... Уари уыцы фарсты тыххæй йæ хъуыдытæ ныффыста обкоммæ. Фидарæй лæууы ба- иукæныны фарс. Стæй йæ уырегæ дæр кæны. Сæнттæ- цæгъдæн митæ. Гъе, фæлæ сын æнæбаиугæнгæ нал ис, уæд Дудар кæддæриддæр уыдзæн дæ фарс. — Рагацау стыр бузныг. — Мысост дæр мæ хæлар у, фæлæ дзы а-фæстаг рæс- тæгьбирæ цыдæртæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Уæлдай- 328
дæр та æгæр бирæ бартæ фæисы йæхимæ, хивæнд у /Емæ йын хæлары хатыр куы нæ кæнин, уæд æй хъæ’- бæр фелхъивин. — Ахæм адæймагæн уæвгæ æмбæлгæ дæр кæны, цæ~ мæй зона йæ.бынат, — йæ ныхас та баппæрста Шæлæт. Фæссихæрттæм фæахстой кæсæгтæ, стæй обадтысты машинæйы æмæ тагъд кодтой Радиты Дудары хæ- дзармæ. Районы центрмæ <куы ’рхæццæ сты, уæд Арысхан æма& Шæлæт рахызтысты мах ма ам иу чысыл хъуыддаг ис„ зæгъгæ. — Бирæ æнхъæлмæ кæсын уæм цæмæй ма бахъæуа^ афтæ бакæнут, — бафæдзæхста сын Дудар æмæ фæхи- цæн йæ хæлæрттæй. Сæхимæ куы ба|цыд, уæд йæ дзаумæттæ раивта, скадта пижамæ æмæ щæхæрадонмæ ацыд. Æрхуыссыд. гамакыл. Йæ сæры зилдух кодтой алыхуызон хъуыдытæ.. Йе ’рдхæрдты мыдьпкъусы къæм кæй.бахаудта, уый йæм хорз нæ касти. Фæндыд æй цъыф дарддæр ’куы нал змæнтиккой, куы сæ бафидауын кæнид. Арысхан раст загъта Мысосты тыххæй, æрдхорддзи- надæн фаг аргъ нæ кæны, зæгъгæ, хъуыды кодта Дудар. Дыууæ хатты йæм ныдздзырдтон, знон дæр æмæ абон райсомæй дæр, цæмæй немæ иу фынджы фарсмæ абадтаид. Фæлæ марадз зæгъ, кæд мын мæ урс сæрæн саргъ кодта, нуыстæй, дам, мæ хъуырмæ дæн. Цыма >æз ам, ’районы бæрзондæй къаддæр уынын куыстытæ. Уый æмæ дын Арысхан, ирон æгъдау, ирон æфсæрмы сæр чи, хъуыды ’кæны, ахæм. Мысост кæд йæ зонындзинæдтæй сæрыстыр у, уæддæр ацы хъуыддаджы, Арысханы бæрц шæ кæрды. Ауалдзæджы Зилгæдоны тъæпæн бакæиыны тыххæй дæр Арысхан рагацау фæдзæхста, дзæгъæльг фыдæ.бон уыдзæн, зæгъгæ. Нæ йæм байхъуыстам. Хорз уыди, дæс гектары йедтæмæ дзы нæ бакодтам, æндæра, ахæм æнæзонд хъуыддаджы тыххæй адæмон гæрхондо- ны раз æрлæууыдаиккой. Суанг æй силосæн дæр кæрдын кодта Арысхан, фæлæ та йын ууыл дæр не сразы сты.. Хестаны фырт, йæ рæдыд бам’барыны бæсты, æнæхъæн районы базмæлын кодта, ауагътрй йæм къанау дæр. Фæлæ мард æгасгæнæг дон нæ разынди. Доны къусы 329
-еæфг фæкодта нартхор. Ныр дыууæ колхозы баиукæ- нынкл, æцæгæйдæр, ныхас куы цæуа, уаед бацархайын хъæуы Арысханы равзарыныл. Уый Мысостæй къаддæр не ’мбары’хъуыддæгтæ. — Бирæ ахæм хъуыдытæ ма еæ кæрæдзи фæстæ.згъордтой Дудары сæры. Абарста-иу Арысханимæ районы иннæ колхозты сæрдарты, фæлæ •дзы ахæм нæ ардта. Афтæ сабыргай æрфынæй гамакыл. Мери та уыцы рæстæджы тынг зæрдиагæй кодта йæ фынджы кой. Ам уыдис Дудары техникон секретарь Сырхауты Ирæ дæр. Дардæй «бжæсгæйæ дæр бæрæг уы- ди, цыдæр бæрæгбопмæ кæй цæттæ кæнынц, уый. Ирæ бадт, тыргъы акомкоммæ цы беседкæ уыдис, уым æмæ кастис цавæрдæр чиныг. Ирæйæ чысыл æттæдæр уыдис ахæм фантан: ставдсыкъаджын, сæрыстыр дзæбидыр бахаудта тæссаг уавæры. Æрæмбырд ыл сты мæстыгæр цæргæстæ æмæ йæм кæсынц сæ зынæфсис цæстытæй. Нал ын ис йе знæгтæй алидзыны фадат. Арвы ’рдæм ма йæ кæддæры хъал сæр сдардтц, йæ дзых байгомкæн- гæйæ, цыма æххуысмæ уасыди, уыйау. Йæ дзыхæй кал- ди цыхцырæг, йæ цæстытæй та цæстысыгтæ. Цыхцыр- джытæ калдис тугдзых цæргæсты бырынчъытæй дæр. Дудар кæддæр, Гуырдзыстонмæ цæугæйæ, федта Арвы- комы фæпдагыл ацы фантан. Тынг фæцыдис йæ зæрдæ- мæ. Йæ горæттаг хæлар инженерæн æй радзырдта æмæ йæ уы,й, Дудары ныхæстæм гæсгæ, сарæзта. Мери хæдзарæй беседкæмæ хаста хæрд, нозт æмæ сæ рæсугъд æвæрдта стъолыл. Ирæ йæм иу цалдæр хатты сдзырдта аххуыс дын 1кæнон, зæгъгæ. Фæлæ йæ гуырæн бон Мери æппæт дæр фæкæны йæхæдæг. Æххуыс кæнын никуы никæй бауагъта. Æрмæстниу стæм хатт афарста Ирæйы уæливыхтæ, памидортæ æмæ джитъриты кæрс- тытæ, гъе та дыргътæ стъолыл ч<æм хуыздæр сфидау- дзысты, зæгъгæ. Æмæ сæ-иу райс-байс кодта иу ранæй иннæ ранмæ. Мери та мидæмæ ,куы ацыди, афтæ кæрты, ^фæзынди Цъæмæлты Шæлæт, йæ къухы уыд дыууæ асыччы дзуарæвæрд бæстытæй æмæ Ирæйæн раарсрæ кодта. — Зоныс, Ирæ, нæхимæ уæлдæфæй мæм амы уæл- дæф «бирæ сыгъдæгдæр кæсы. Уымæ гæсгæ хатыр, кæд æгæр раджы цыд фæдæн, уæд,—йæ дзыппæй стыр сырх 330
кæлмæрзæн-сласта Шæлæт æмæ дзы йæ хидæйдзаг цæс- гом асæрфта. Шæлæты ныхас фехъуыста Мери æмæ йæ размæ рауадис. — Дæ бон хорз, Мери Эльмæрзаевнæ æмæ уæм мæ бæсты фарн æрбавæрæд йæ къах. — Иæ хуынтимæ Ме- рнйы раз æрлæугæйæ, арфæ ракодта Шæлæт. — Фæрнæйдзаг у, Шæлæт, æмæ кæй бон у, уый хор- зæх дæ уæд. — Бауырнæд дæ, Мери Эльмæрзаевнæ, тагъд-тагъд кодтоп, фæндыд мæ дæ гуырæн бон дын сегасы разæн æз куы раарфæ кодтаин. — Бузныг, Шæлæт! — асыччытыл андæгъдысты Ме- рийы цæстытæ. — Бауырнæд дæ, Мери ч Эльмæрзаевнæ, уый канд дæуæн нæ, фæлæ не ’ппæтæн дæр стыр бæрæгбон у. — Дæ ныййарæг мад дæ цардæй бафсæдæд, мæ хур. Шæлæт иу асыкк стъолыл сæвæрдта æмæ йæ бай- гом кодта. — Мæнæ ам... Лæварьт фаг кæм ис, фæлæ уæддæр ном ссарыны тыххæй. Афтид армæй, зæгъыы, куыд фæ- зынон ахæм бæрæгбонмæ. — О, тæхуды, нæ хъуыди, Шæлæт, — батыхсæгау кодта Мери, йæхæдæг йæ цæстытæ асыккæй нал иста. Æнхъæлмæ каст, Шæлæт сæ кæд байгом кæндзæн æмæ йын ном ссарыны тыххæй цавæр лæвæрттæ балхæдта, уыдон кæд фендзæн, уымæ. Шæлæт сæ радгай и-ста æмæ сæ Меримæ лæвæрдта. — Мæнæ дын уыдон ног модæ цъындатæ— саузæ- вæтджын, хъуамæ сæ ды дæхæдæг мæ номыл фæда- рай. — Бузныг, мæ ’хур, мæхæдæг дæр модæйы нал дæн... Базæронд дæн. — Уанцон нæу, уанцон... Мæнæ уып та, цæвиттоны хъуыддагæн, къа/байаг. Хорз дыл сфидаудзæн, бауыр- нæд дæ,. Зонгæйы фæрцы бафтыди мæ къухы. — Урс, цыллæ хъуым’ац баппæрста Мерийы уæхсджытæм æмæ цалдæр къахдзæфы æттæдæр алæууыди, афтæмæй йæм, рувасау, бакæстытæ кодта. 331
— Цас хæрзтæ скодтай, уый, гормон! — гæды- тыхст бакодта ногæй Мери. — Мæнæ уый та /калакаг шляпæ. Уый дæр модæ у. уæдæ. — Куыд дын раарфæ кæнон, нæ зонын. — Цæй арфæты кой кæныс, Мери Эльмæрзаевнæ. Ацы асьикк та сæрмагондæй Дударæн закускæ, — асьгкк байгом кодта Шæлæт æмæ стъолыл æрæвæрдта хъаз. — Фых хъаз! — Нæ зæронд æй куы фена, уæд тынг бацин кæндзæн. Ирæ уæдæй нырмæ дæр йæ цæст аивæй дардта, Цъæ- мæлы фырт йæ лæвæрттæ иугай куыд иста æмæ сæ Меримæ куыд лæвæрдта, уымæ. Æмæ иугæр зæронд усæн æвзонг чызджы шляпæ куы балхæдта, уæд нæ худын нал баурæдта. —" Диссаджы дæсны дæ, Шæлæт, лæвæрттæ ’лхæ- нынмæ. Уьшæй се ’ппæт дæр зæронд усы аккаг, уæл- дайдæр та шляпæ æмæ саузæвæтджын цъындатæ. — Алæ стæ, — Ирæйы ’лхыскъ ныхас бамбаргæйæ, фæкодта Мери. — Уæд мард уыдзæн а-лæппу. Равзарынæн дæр лæг хъæуы, лæг, Ирæ, — чызджы ныхас нæ бамбæрста Шæ- лæт. — Дæ ныййарæг .мад дæ цардæй бафсæдæд. Хæлар- зæрдæ дæ æмæ дæ хуыцауы хорзæх уæд, æндæр дын куыд раарфæ кæнон, нæ зонын, —йæ лæвæрттæ йæ хъæбысмæ систа, Мери. — Мах дæ хорзæх куы уа, уæддæр нын æгъгъæд. Дæ ^бирæ хорздзинæдтæ дын кæд •бафиддзыстæм. Дудар Майрæмович, æвæццæгæн, фæстæмæ йæ куыстмæ ацы- дис? — йæ куыстмæ цæуынтыл ма уыд уыцы фæлладæйу йæхи уæртæ бæлæсты бын æруагъта. — Диосаджы рæствæндаг фестæм абон. Дудар не ’ппæтæй дæр фылдæр æрцахста кæсæгтæ. Æмæ хуымæ- тæджы -кæсæгтæ, æнхъæл дæ? Сыгъдæг фарель. Дзæ- гъæлы нæ фæзæгъынц, хорз цуанонмæ, дам, сырд йæ- хæдæг згъоры. -^- Тынг зæрдæрухсæй æрбацыд, уæвгæ. Бафæдзæхс- 332
Та мын, кæсæгтæ, дам, иууылдæр сфыц. Мæ хæлæрт- тимæ, дам, мæ сабырæй абадын фæнды. — Дæ цæст æм дар, Мери Эльмæрзаевнæ. Æхсæвæй- бонæй кусгæ кæны. — Æмæ искæмæ хъусы... Стызмæг, схивæнд ис. Æдзухдæр йæхимидæг хъуырдухæн кæны... — Уый диссат нæу. Æнæхъæн районы уæз Дудары уæхсджытыл æнцайы. Уымæй æндæр, — афонмæ йæ къæхтæ адаргъ кодтаид. — Æмæ ма исты бæсты дæр куы цæуиккой йæ куыстытæ... — Æнæ афтæ дæр нæ вæййы, нæ. Фæлæ йын Рес- ’пу’бликæйы хицауад стыр аргъ кæны. — Цæмæй зоныс, мæ къона, уый та? — Ау, æмæ Шæлæтæн ницы зонын æнхъæл дæ? Æрæджы мæм обкомы секретары шофыр бензинмæ æр- бацыд æмæ йæ дзæбæх ракъæхтытæ кодтон. — Радзур-ма, радзур, — фæцымыдис ис Мери æмæ Шæлæтмæ æввахсдæр балæууыди. — Уырны дæ, зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхас кодтон йемæ. Фæрсын æй, цы цæстæй, зæгъыын, кæсы дæ хи- цау мæ хицаумæ? Æмæ мын цы дзуапп радта, æн- хъæл дæ? Обкомы секретарь, дам, æдзухдæр Дудары кой фæкæны, бирæ, дам, æй, уарзы... Горæтмæ, дам, æй акæнынмæ хъавы цыдæр стыр куыстмæ. — Шæлæт аи- вæй Ирæмæ бакаст. Ирæ йæм мæсты дзагъул æрбажод- та,æмæ иннæрдæм аздæхти. — Æмæ шофыр та цьг зоны уыцы хъуыддæгтæи? — О, Мери, уый хуымæтæджы шофыр нæу. Алы боп дæр обкомы секретаримæ ныхас кæны мæнæ æз демæ куыд ныхас кæнын, афтæ! — йæ гæды æвзаг аскъæрдта Шæлæт. — Бæргæ, бæргæ... Акæса, мæ пец мæ ферох..: — Эх, Мери Эльмæрзаевнæ, Дудар ам куы нал уа, уæд район сæфтмæ æрцæудзæп. — аивæн та Ирæмæ бакаст. — Куыннæ стæй, — цæугæ-цæуын загъта Мери æмæ мидæмæ ахызт. Ирæ æмæ Шæлæт иупæгæп куы азза- дыс!ы, уæд Ирæ бауырдыг Шæлæтмæ. Уымæй размæ Мерийæн цæстмæ митæ куы кодта, уæддæр æм йæхи 333
тыхæй баурæдта æмæ йын ныр, аккаг фæуын сфæнд кодта. — Шæлæт, кæд уыдис обкомы секретарь ам?И1о- фыримæ кæд ныхас кодтай? — Куыд кæд? — куыддæр къæмдзæстыг хуызæй афарста Шæлæт Ирæйы. — Ныртзеккæ дын æй зæгъ- дзынæн... Уый уыдис... мæнмæ гæсгæ- июны мæйы. — Дæхæдæг та Цъæйы санаторийы кæцы мæй уыд- тæ? — хынцфарст æй акодта ногæй Ирæ. — Æз? Санаторийы? Ома, куыд кæцы мæй? Æмæ- дæ уый та цæмæн хъæуы? — Мæн? Ницæмæн. Фæлæ дæу гæды ныхæстæ кæ- нын цæмæн хъæуы? — Куыд гæды ныхæстæ? — фæхъыг Ирæмæ Шæлæт. — Обкомы секретарь ам куы уыд, уæд ды та Цъæ- йы санаторийы уыдтæ. Уырдæм дæм бацыд йæ шофыр бензинмæ? —'Уый та цы хоныс?Æз, дæумæ гæсгæ, мысгæ исты æркодтон? Æви Дудар стырдæр куысты аккаг нæу? — бауырдыг Ирæмæ Шæлæт. — Цæстмæхъус ныхас ницæмæн хъæуы! — Æз кæнын цæстмæхъус ныхас?.. Æз Дудары тых- хæй мæ сæр дæр нæ бавгъау кæндзынæн. Уый йæхæ- дæг дæр хорз зоны! Дудары хуызæттæ нæм хуыцау би- рæ радтæт! — Æдзухдæр ын афтæ цæстмæхъус ныхæстæ кæнут æмæ зæронд лæгæн йæ сæр разылд. Хæлæрттæ!!! — Ирæ, хæрам ныхас цæмæн хъæуы?.. Мæн афтæч фæнды... Дæуæн æхсызгон куыд уа.:. Ды та мæм мæс- ты кæныс. Кауы сæрты сусæгæй æрбакаст Дудары шофыр. Ирæ æмæ Шæлæты бадгæ куы ауыдта, уæд, цыма, Шæ- лæты нæ федта, уыйау сабыргай бацыд Ирæйы размæ æмæ йын раарфæ кодта: — Салам, бæсты рæсугъд Ирæйæн. Цæй иунæгæй бадыс? — Мæн йедтæмæ нигкæй уыныс? — Æмæ ма дзы исчи ис? — Æз дын къабускæйы хъæд дæн? — афарста Шæ- лæт! 334
— Гъæ, Шæлæт, уый ды дæр ам куы дæ. Фæлæ ды> мæ хæлар, нæлгоймæгты нымæцмæ нæ хауыс. — Уæдæ? — Уæдæмæ селфонты... Мæнæ сылгоймæгты фæстæ рауай-бауай чи кæны, уыдон нымæцмæ. — Де ’взаг та сæрдасæн ма фестæд! — Дæхи дзы бахиз, науæд дын дæ сæр дæ уæхс- джытæй куы фæхицæн кæна, уæд ма куыд уыдзынæ? — загъта Ирæ. — Ныртæккæ куыд у, афтæ. Цы уæлдай йын у? — Салам! — фæмæсты Шæлæт. — Дæ куыдзы бæт- тæн æгаер рауагътай! •— Куыйтæ дын дæ сæр бахæрæд! — бауайдзæф код- та Салам æмæ ауыдта стъолы уæлæ фых хъаз. — Мæ- нæ алæмæты диссаг. — Хъазы фыд нæ уарзыс, Салам? — афарста йæ Ирæ. — Хъазы фыд уарзын, фæл,æ хъазы цæсгом лæгыл куы уа, уæд уый нæ уарзын! —Шæлæтмæ къухæй аца- мыдта Салам. — Ирæ, иу чысыл мæм фæкæс! — мидæгæй рахъæр кодта Мери. Лæппутæ иунæгæй куы аззадысты, уæд Шæлæты масты дзæкъул фæкъæртти. Уый уæдæй нырмæ дæр Саламæн алывыд акалдтаид, фæлæ Ирæйы цур йæхи æвдисынмæ хъавыдис уæзданæй. Ирæ куыддæр ацыд, афтæ Саламыл йæхи цъиуджын карчы цæф пыккодта. . — Дæхи дарын зон, кæннод дын æз дæ цыбыр ба- зыртæ ноджыдæр фæцыбырдæр «æндзынæн! — Диссаджы мæстыгæр сдæ, Шæлæт. Хорз нæу уый, афтæмæй дæ быцъынæг аскъуындзынæ! — Шæлæ- ты мæсты ныхæстæ хъуыды дæр нæ кодта Салам. Уы- цы хъуыддаг ноджы тынгдæр бамæстджып кодта Шæ- лæты. —Арсимæ кæрдо ма цæгъд. Науæд хъуаг дзыхæй баззайдзынæ. — Ард дæ хæдзары бацæуа, хъазæн ныхас нал æм- барыс? Æви цæуыл цæхæртæ калыс? Цы загътон уа- диссагæй? — Шæлæты уæхск йæ къухæй æрхоста Са- 335-
лам,—Уарзондзинаддын дæ зондбайсысын кодта. Ирæ- йы алыварс, зырнау, зилыс — Хъуыддаг дæ кæм нæй, уым дæхи цæмæн тъыс- ’СЫС? — Бæллæхы адæймаг басгуыхтæ. Æз дын дæ зæрдæ- йы уаг хорз æмбарын. Фæнды дæ дæ хъуыддаг сара- -зын, уæд байхъус. Шофыр кæд дæн, уæддæр чысыл цы- дæртæ зонын. Æмæ райдыдта: — Йæ фыд Арысхан районы номдзыддæр колхозы сæрдар, йе ’фсымæр Хæеанæ хæсты сгуыхт бæгъатыр, ныр та колхозы парторганизацийы секретарь. Цы гуы- бынниз ма дæ хъæуы? Кæм хъуамæ осара лæг ахæм къабæзтæ. — Сæ сиахсаг, Цъæмæлы фырт та райсобесы хи- цау, — растыдта йæхи Шæлæт. — Æз тынг хорз зонын Ирæйы зæрдæпыуаг... — Зæгъ-ма йæ, уæдæ, зæгъ! — сцымыдиси Шæлæт. — Сабырдæр, Шæлæт, сабырдæр. Дæ уды бицъынæг •та куы ратоны. Дæ зæрдæ йыл фæтæлф-фæтæлф кæны. Æмæ йæ ды куыд тыхджын уарзыс, Шæлæт... баууæнд мыл, уый дæр дæ афтæ тыхджынæй уыны йе сæфт. — Æхсаргарды цæфау фæлыг 1к0дта йæ ныхас Салам. — Цы дзæгъæл дзæнгæда цæгъдыс ды, куыдзы ды- мæг! — йæ бынатæй фæгæпп кæнгæйæ, цæхæртæ калд- та Шæлæт. — Цы ’мбарыс?! Ирæ мæн уарзы, мæхæдæг ~æй зонын! — Зæгъгæ, Дудары хæдзары нæ уыд, уæд чизоны Саламы æхсæрфарс дæр ныззæлланг кодтаид. ■ — Бахатыр кæн, Шæлæт, фæлæ Бадджериты Цæр- гæсы нæ зоныс мыййаг? — Æмæ цы у Цæргæс? Нозты къупри. — Цы у, уый æз нæ зонын, фæлæ рæсугъд Ирæйы, цыма куры, афтæ мæ хъусы кæрæтты æруад. — Кæд йæ къæбут йæ цæстæй фендзæн, уæд Ирæйы дæр ра.курдзæн. Арысхан мæ разæй дзырд никæмæн ратдзæн. Шæлæт йæ зæрдæ фидарæй дардта Дудар æмæ Алæмæтаты Кæрæфбегыл. Кæрæфбег куы бамбæр-ста хабар, уæд ын рагацау йæ къух райста æмæ йын бирæ цæстуарзон ныхæстæ фæкодта, цыма, хъуыддаг æцЗг- гæйдæр конд у, афтæ дæм фæкæсæд, зæгъгæ, йын зæр-' 336
дæтæ æвæрдта. «Æрмæст минæвары тыххæй мæхицæй раздæр искæмæ бадзырдтай, уæд дæм фæхæрам уыдзы- нæн». Шæлæт йæхи айста цæхæрадоны„'рдæм. Фæндыдис æй, цалынмæ адæм не ’рбамбырд сты, уæдмæ Дударæн уыцы хъуыддаджы тыххæй ской кæнын. Уый та йæ Арысханы хъусты бацæгъдид, уæлдайдæр Арысхан ныртæккæ Дудары зæрдæхудт ницы хуызы райсдзæн. йæ алы фæндон дæр æм фæкæсдзæн æнæмæнгдæр ба- кæнинаг хъуыддаг. Дудар фынæй кодта гамаччы. Шæлæт æм сабыргай бацыд æмæ йæ уæлхъус слæууыд. Ныккаст æм æцæг фынæй у, фви æфсон скодта, зæгъгæ. Фæлæ Дудар гъæйттæй хуыррытт кодта. Цы бындзытæ йыл-иу абадт, уыдон-иу ыл куьг фæхæцыдысты, уæд-иу пæ цæсгом ра- нæй-рæтты фелхынцъ. Шæлæт, гамаккыл цы бындзсу- рæн уыдис — хъуджы къæдзил, уый сабыргай систа æмæ Дудар кæд аууоны хуыссыд, уæддæр йæ цæгæр сæр, цæсгом æмæч риуы гуыдырыл хиды ’ртæхтæ зын- дис. Шæлæт йæ галиу къухæй бавнæлдта, гамаччы ас- тæуæй цы бос æрзæбул, ’уымæ æмæ Дудары сабыргай узын райдыдта. Дудар райхъал. Æнхъæл уыд Мери та йæ узы. «йæ гуырæнбон дæр хъуыды кæны ме ’нцой- дзинадыл. Сыгъзæрин адæймаг у, сыгъзæрин!» — ахъуыды кодта Дудар æмæ йе ’фсины йæ къухæй ба- рæвдауынмæ куыд хъавыд, афтæ ракаст æмæ йæ къух хъилæй аззад: йæ уæлхъус лæууыд Шæлæт. — Гъе, уый ды дæ, Шæлæт? Кæрæфбег æмæ Арыс- хан нæма фæзындысты? — Нæма. — Дæ хорзæхæй, ацы лæгимæ уын цы уаринаг ис? — æрæджиау бафарста Дудар. — Саламимæ? — Саламимæ... Уариимæ! — Æмæ цы кæны? — Нæ зонын, йæ ныхтæ дæ ныссагъта. Уыцы куыс- ты дын уадзæн нал ис. Шæлæт бамбæрста, цыдæр бæллæх та йæм кæй æн- хъæлмæ.кæсы, уый. Фæлæ цавæр, уымæн бæлвырдæп ницы выдта. Уæвгæ, иугæр Дудар загъта, уæд уыиы ны- 22* 337
хасыл дыууæ зæгъæн нæ уыд. Уымæн æмæ кусджытæн Шæлæты Дудары йас ничи уарзы, æдзух дæр ыл йæ арм дары. Хæлцы комбинаты куыкуыстой Алæмæтаты Кæрæфбегимæ, уæд сын, зæгъгæ, Дудар нæ уыд, уæд цъыфы æнæ ныссæдзгæ нæ фæуыдаиккой. Дудар сæ фервæзын кодта. Дудар та мын рагацау æмбарын кæ- ны ныр дæр, зæгъгæ, афтæ бамбæрста Дудары ныхæс- тæ Шæлæт. — Фæлæ мыл бынтон æгуысты ном.цæмæй ма сба- да, — Дудармæ лæхстæгæнæджы <каст батсодта Шæ- • лæт. — Цæй, хорз, исты амал дын кæндзынæн. Дудар сæвнæлдта, йæ сæры комкоммæ бæласы цон- гыл чи ’рзæбул, уыцы даргъ синаджы æлхынцъы кæрон- мæ. Цæвиттон, уыцы синаджы иннæ кæрон та баст уы- дис, сæ хæдзары тыргъы раззаг къулыл цЫ дзæнгæрæг ауыгъд уыдис, уый æвзагмæ. Синаг базмæлын кодта æмæ дзæнгæрæг фæдисы цагъд ныккодта. Æллæх, нæ лæг райхъал, зæгъгæ, фæуагъта йеннæ куыстытæ Мери æмæ фæдисгъуызæй азгъордта цæхæ- радонмæ, Чысыл фæстæдæр Дудар æрбахызт кæртмæ, йа* фæстæ Шæлæт æмæ Мери. Шæлæт иунæгæй йæ бьшаты сагъдæй аззад. Исдуг ?гм дуне æгæр къуындæг фæкаст. Иу ран дæр дзы пара- хатæй йæ къабæзтæ айваза, уый фадат ын нæма фæци. Уæдмæ фæзынд Уырымты Фари дæр, йæ уæлæ уыдис сау дарæс. йæ фырт Ладемырæй сау гæххæтт куы райс- та, уæдæй фæстæмæ сæ пал исы. йæ размæ ауадысты Ирæ æмæ Мери. Фари æмæ Мери кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтой. — Мæ хуры хай, Ирæ, ды та ам цы ми кæныс? — Фари райста Шæлæты къух дæр. Бæласы æнцой дæрд- дзæф уæздан лæуд скодта Шæлæт æмæ уазæг усмæ аи- вæй каст. Чи у, уый уайтагъддæр базыдта, фæлæ йæхи æнæзонгæ скодта. — Бауырнæд дæ, Фари, цыма мыл хур æрбакаст, афтæ æхсызгон мын у дæ фенд. Куыдтæ цæрыс, кæцæй фæдæ? Куыд ма нæм æрбарæдыдтæ? — гæды цинтыл схбвцыд Мери. Уæвгæ йæ нæ фæндыд æмæ ма сæм Фа- 338
рийы хуызæн æнæхонгæ уазджытæ æрбацыдаид, уымæй дæр афтид армæй, йæ гуырæн бон. — Кæй æвдæлы, ацйфои, мæ хæдзар, цæуынтæм? — загъта Фари, йæхи бан-доныл æруадзгæйæ æмæ Шæлæт- мæ сдзырдта: — Сбад, мæ къона, цæмæн лæууыс? — Уый нæ лæджы хæлар у, Фари. — Иæ мады фæндиаг уæд, уæздан адæймаг йæ бе- кастæй дæр бæрæг у. Мæнæ Дудармæ æрбауадтæн хъаст кæнынмæ. — Абадут уал, мæ хæдзар, уæдмæ дæм нæ лæг дæр зындзæн. Æз æххæст мæ фынджы кой бакæнон. Ирæ, мæ къона, <цом ды дæр мæм фæкæс. Фари æмæ Шæлæт иунæгæй <куы аззадысты, уæд зæ- ронд ус йæ мæстæй сдзырдта: — йæ ронДз куы фæкæлид, мæн ацал-ауал мæйы дæр’гъы дзæгъæл рану-’бацу чи кæнын кæны. — Чи у, афтæ мæсты кæмæ дæ, мæ мады хай?— уæзданæй афарста Шæлæт, уæвгæ бамбæрста,гйæхиуыл ын х’ьаст ’кæнынмæ кæй фæзынд, уый. — Чи у куы зæгъай, уæд собизы хицау. йæ мыггаг та, — хъуыдыты аныгъуылд Фари, фæлæ йæ зæрдыл нал лæууыд. — Иæ мыггаг дæр йæхи хуызæн фæлитой, йæ рондз’фæкалæд... Уæцъæфы фырт мьиггаг ис? — Ахæм мыггаг никуы фехъуыстон. — Нæй зæгъыс, Цъататæй дæр нæй? — Ахæм дæр нæй. — Мæ дæлæвзаг рауай-бауай кæпы. Дæлдзæх фæ- уæд. Гъе, ныр, мæнæ дæумæ куыд кæсын, афтæ йæ зо- нын. Цъорттатæй цыма у... — Районы кусджытæй никæмæн ис ахæм мыггаг дæр. Цæй, ныууадз æй, мæ мады хай, уын фæстæ кæд æр- лæууид дæ зæрдыл. Дæхæдæг та кæцы колхозæй дæ? .— Мæ иунæг хъæбулы стæн, нæ иæ иыууадздзынæн. Æз уый тыххæй нæ фæцыдтæп. йæ мыггаджы «цъ»-ы ис, уый ма хорз хъуыды кæнын, йæ цъæй фæкæла. Æртæ мæйы «Уæлахизы» колхозæй ардæм рацу-бацу кæнын мæ ленсийы тыххæй. — Уæ колхозы хицау та чи у? Хорз кæсы адæммæ?— пыхас æндæры ’рдæм аздахынмæ хъавыдис Шæлæт. Уæвгæ тынг хорз зыдта тæккæ абон дæр Мерийьт гуы- 339
рæн боны тьиххæй кæй ахстой иумæ фарель кæсæттæ сæ колхозы сæрдар Арысханимæ. — Нæ колхозы сæрдары фæхъхъау фæ^ ллд, уыцы Бе- цъебийы фырт у, цы мæрдтаг у, уый. — Фырмæстæй цæхæртæ калдта Фари. — Базæронд дæн... Мæ зæрдыл куыд ницы уал;лæу- уы. Уæдæ кæмæй уа? Цъататæй нæу, Уæцъæфтæй нæу, Бецъебитæй нæу, Цъорттатæй нæу. Уынгæ йæ иунæг хатт фæкодтон, æндæр нæ. Раст мæнæ дæу хуызæн хæрз- конд лæппу ба-кастæй, йæ зынг бахуыссæд йе ’мгæртты ’хсæн. — Æмæ зæгъыс ныр Дудармæ уый тыххæй хъаст- кæнынмæ æрбацыдтæн?—Фари йыл куыд нæ фæгуырыс- хо уыдаид, афтæ аивæй бафарста Шæлæт. — Уы,й тыххæй, уæдæ .мæ ныртæккæ дзæгъæл цæуын- тæм æвдæлы, мæ къона. Колхоз йæ тæккæ хор æфсна- йыныл у. Шæлæтæн рагацау йе ’уæны мигъ æрбадт, ома ацы зæронд ус ардæм афтæ барджынæй кæм æрбацыд æмæ йыл Мери дæр зæрдиагæй кæм бацин кодта, уым сып æввахс адæймаг у æмæ мæ Дудар бафхæрдзæн, зæгъгæ. — Дудар цæуыл’дæр тынг мæсты у æмæ йын абон куынæ зæгъис дæ хъаст. Сараздзыстæм дын уый фæстæ дæ хъуыддаг. Æз дæр дæм фæкæсзынæн. — Уый та ’цы хоныс, мæ къона? Æз уыцы Зæкъæны фырт у æмæ цы у, уымæн йæ хъуыддæгтæ хурмæ куынæ ракалон, уæд Фари нæ дæн. Суанг ыл горæтмæ дæр дзæ- бæх ныффыстон, сар йæ къона кæны. — Горæтмæ зæгъыс? — фестъæлфыд Шæлæт. — Цæуыл фестъæлфыдтæ, мæ къона? Мыййаг дæ лымæн, гъе дæ хæстæг ма разынæд? Ирæ тæбæгъы рахаста дыргътæ æмæ сæ Фарийы раз æрæвæрдта. Дæхи уал истæуылты аирхæфс, зæгъгæ. — Кæс-ма, кæс, æрæджиау мæ зæрдыл æрлæууы- ди, ме нæуынон фæуа. Фæлхоратæй у, Фæлхоратæй, йæ быны хъæр айхъуысæд, уастæн. — Кæй хоныс Фæлхоратæй, Фари? — афарста йæ худгæйæ, Ирæ. — Æрдæбонсарæй, мæнæ нæ собизы хицауы мыггаг агурын. I 340
— Диссаджы мыгтаг ын ссардтай, раст йæхи æцæг мыггаджы хуызæн, — Шæлæтмæ бадзагъул кодта Ирæ. Уый йын аивæй хъуыры цъарæй балæхстæ .кодта, ма мæ сардау, зæгъгæ. — Æмæ та Фæлхоратæй дæр нæу, мæ къона. — Фæлхоратæй ма куы уаид, фæлæ Цъæмæлтæй у,— мидæмæ цæугæйæ, дзуагш радта Ирæ. — Æцазг, æцæг, мæ уд дæ фæхъхъау. Цъæмæлы фырт æй хуыдтой. Собизы уый разæй хицау чи уыд, уый фæхъхъау фæуæд. Уый мæм-иу, мæ хур, йæхæдæг æрба- цыд. Иæ буц ныхасæй-иу адæймаджы барæвдыдта, — ацы Цъатайы фырт... Т-фу, йæ кой дæлдзæхы. Цъæмæлы фырт та баст куыдзæй уæлдай нæу, йæхимæ мæ æввахс никуы бауагъта. Ноджы иу хърихъуппы хуызæн сырх ахуырст чызг дзы бады æмæ нæма бахæццæ вæййыи, афтæ йæ ныхас фæраздæр вæййы: «Хицауы не ’вдæлы. Цъæмæлы фырт ам нæй». йæ зынг, зæгъын, бахуыссæд! Дудар, йæ цæсгом хисæрфæнæй сæрфгæйæ , рацыд мидæгæй æмæ Фарийы куы ауыдта, уæд ыл тынг бацин кодта. — Оу, æгас нæм æрцæуай, Фари, æгас Бахатыр кæн, æрæгмæ,дæм кæй фæзындтæн, мæхи лæппугъуызтæ код- тон. Мæрдты рухсаг уа мæ иунæг хæлар Хъылцыхъо, раст ын цыма йæхи федтон, афтæ æхсызгон мын у дæ фенд. Æгайтма нæм ахæм æвдæлон бон фæзындтæ. —• Бузныг, Дудар. Фæлæ дæм мæнæ Цъæмæлы фыр- тыл ’хъаст кæнынмæ æрбацыдтæн. Мæ судзгæ мас;тыл мын цæхх байзæрста... Мæ пенси мын æртыккаг мæй нал.фидынц... — Ууыл та цы тыхсыс, Фари. Нырыуонг дæр дæ мæ- химæ æрбацæуын хъуыд. — Шæлæтмæ бадзагъул код- та Дудар. — Дæхимæ дæр дæм бæргæ бацыдтæн, дыууæ боны дæм фенхъæлмæ кастæн, фæлæ мæм рад не ’рхаудта. — Оу-уа, куыд дын амардтæн, гъе. Фæлæу, æз сын ны хъæуы, уый зæгъдзынæн! — бартхъирæн «кодта Ду- дар. — Мæнæ дæм мæ куырдиат ныууадздзынæн, мæхи не ’вдæлы, Дудар. Быдыры куыстытæй нæ хъуырмæ стæм. 341
— Уый та куыд, Фари, уанцон нæу? Ау, хæдзар нё стæм? Гъе, не ’фсин, рæвдз нæма дæ?! — Ныртæккæ, ныртæккæ,—.м’идæгæйрайхъуысти Ме: рийы хъæр, æмæ хæдзарæй дзаг тæбæгътимæ рацыдысты Ирæимæ, фынгыл сæ ^рывæрдтой. Уæдмæ уынджы ’рдыгæй æрбайхъуыст Арысханы æрвнæрынгæнæг хъæлæс. Шæшæт азгъордта йæ размæ æмæ ЙЫ1Н кулдуар уæрæх байгом кодта. — Уæрæхдæр, уæрæхдæр, Шæлæт. Абон цъынд цæс- тытæй кæсæн бон нæу. — Арысхан æрбатардта йæ ды- дзæлхыг уæрдоны кæртмæ. Бæрæг уыд йæ цæсгомы сырхæй, куывды размæ йыл .бымдз кæмдæр кæй фæхæ- цыдис, уый. Стыр кленкæйы тым’был тыхтæй бæрæг зын- дис æнæхъæн фыс, йæ иу къабазыл ауыгъд уыдис хъус- джын дурын, йæ сæр нартхоры æфсиры къæрмæгæй фи- дар æхгæд. Фых фысы сæр дзуарæвæрд лыг, йæ дзидза- тæ чысыл фæйнæрдæм ацыдысты, йæ дзыхы писмо «Сæр- магондæй Мери Эльмæрзаевнæмæ», зæгъгæ, ахæм адре- симæ. Ирæйыл цыма исчи уазал дон бакалдта, афтæ хъыг ын уыди-с йæ фыды фенд. Уый æнхъæл нæ уыдис æмæ Арысхан сæрды тæккæ тæмæны ’куывдмæ фæзына. Уый уымæй размæ ’мæсты кодта иниæтæм дæр, уæлдайдæрта Радиты Дударæн йæхимæ. «Абондæргъы йæм цал адæй- маджы æнхъæлмæ кастаид, хуыцау йæ зонæг, æмæ уы- дон тыхст ацаразыны бæсты, ,йæ усæн гуырæнбоны куывдтыл схæцыдис. Мæсты кодта йæхимæ дæр, æвæн- донæй ардæм кæй фæзындис, уый тыххæй. Уымæн абон Дудар куы загъта, цæугæ нæхимæ æмæ не’фсинмæ фæ- кæс, уæд æй кæд нæ фæндыдис ардæм рацæуын, уæд- дæр ын «нæ» зæгъын нæ бафæрæзта. Кæд Шæлæтитæы ам æнхъæл уыдис, уæддæр, уый æнхъæл нæ уыдис æмæ йæ фыд ам уа. Фæлæ æхсызгон нæ уыдис Арысханæн йæхицæн дæр йæ чызджы ам фенын. Уый æнхъæл уыд, хъуыддаг ничи базондзæн, афтæмæй бахуынкæндзынæш Дудары хæ- •дзармæ Мерийы номыл. Æмæ дын уый та хуын! Канд йæ чызг нæ, фæлæ ма дзы иæ тæккæ сыхаог Уырымты Фа- рийы дæр æрбаййæфта. Хорз нæу, ’колхозы сæрдар уæв- гæй, йæхи исæйдæрты цæсты кæй баппæрста. Хæдзар- 342
хæлд фæуæд Шæлæт, уый зæрдыл æрлæууыд фыс, æн- дæра мæхæдæгкуыфæзындаиниукило канфеттимæ, уæд уым диссагæй цы уыдис Фæлæ ныр гæнæн нал ис. Сим- ды бацыдтæ, уæд симыи хъæуы. — Ме ’рбацыд уын хъыг уыдис, уæд æз фæстæмæ дæр фæгъæй кæндзычæн, — кæнгæ хъæлдзæгдзинад æв- дысга Арысхан. — Мидæмæ, мидæмæ, Арысхан, уæдæй нырмæ дæу- мæ æнхъæлмæ кæсæм, Фарийы цур бадгæйæ, адзырдта Дудар. — Фæсивæд, айсут уæдæ уыдон! — хуынмæ ацамыд- та къухæй. Фæсивæд райстой æнæхъæн фысы бурфизонæгæй, æмæ уæдæй нььрмæ Мери ф,ынг рæоугъд кæм æрæвæрд- та, уым ын бынат рауæгъд кодтой æмæ йæ æппæты уæ- лейæ æрæвæрдтой. — Мери, нæ зынаргъ, хъыг дын ма уæд, фæлæ афтæ у царды æгъдау, тыхджындæр куы фæзыны, уæд ын æдыхдæртæ -бынат радтынц, — фысмæ къухæй ацамыд- та Шæлæт æмæ фæкомкоммæ, фысы дзыхы цы писмо уыд, уымæ, — О, мæнæ йæм писмо дæр «Мери Эльмæр- заевнæмæ». — Уæртæ нæ нæхнонмæ авæрут! — Дудармæ аца- мыдта к7зухæй. Уый байгом кодта конверт æмæ ба-каст нисмо: «Зынаргъ Мери, тынг зæрдиагæй дын арфæ кæ- ньш дæ райгуырæи боп. Дæ цардæмбал Дударимæ цар- дæй цы бафсæдай, ахæм амопд дæ уæд. Уæ хорздзи- нæдтæм бæллæг Сырхауты Арысхан». Амбылдтай, Арыс- хан, амбылдтай, — раппæлыд дзы Дудар. Каст никæмæ уал уыдис æмæ куыдхистæрæй æрбад- тысты. Райдыдта номарæн куывд. Гаджидау гадж-идауы фæстæ цыд. Нозтæй уæлдай тыигдæр басырхуадул сты Дудар æмæ Арысхан. Мери йæ нуазæнтæ авæрдта се ’ппæтæн дæр. Шæлæт рæздз фестади, фьингæй иу дыууæ къахдзæфы æттæдæр алæууыдис æмæ хъæрæй кувын райдыдта. Бæрæг уыд, нозты фæстæ дзæвгар кæй фæ- ныфсджындæр. Кæд ын нуазæн Мери авæрдта, уæддæр арæх бакæс-бажæс кодта Дудары 'рдæ,м. — Мери Эльмæрзаевнæ, цæй, дæ цæрæнбон бирæ уæд. Мæнæ нæ разамонæг, нæ сæрбос, нæ сæры зонд, нæ а43
уæнгты хъару Дудар Майрæмовичимæ цалынмæ быды( ры цалх тула, хохы — дур, уæдмæ нын дзæбæх æма^ æнæнизæй фæцæрут. Дудар йæ хорз миниуджытæй мах-( дæр схайджын кодта. Мах дæр уый руаджы слæгтæ стæм æмæ рæдигæ ,куы кæнæм, уæддæр нæ йæ хорзæх уæд, Мери Эльмæрзашнæ. — Æппынфæстаг Шæлæт аз- дæхт Дудары ’рдæм æмæ йæ куывд кодта дарддæр, — • Дудар Майрæмович, дæ риуыл дын сыгъзæрин стъалы цы фенæхМ, æмæ та уый тыххæй дæр мæнæ ам адджын бадт цы акæнæм, дунейы фарн, уый зæгъæд. Уæ цæрæн- бонты тыххæй! — æмæ Шæлæт нуазæн йæ дзыхыл ■сдардта. Дзæвгар минасы фæслæ сарæзтой хъазт. Арысханы русхæ туджы зылдысты. Æгæр дзыкæй анызта, уы йыл тынг фæзынд. — Дудар æмæ Мерийæн иу кафт! — фæхъæр кодта Арысхан, — цинкæнынтæм нæ арæх нæ февдæлы, нæ. — Гъæтт! Хистæрæн иу кафт! — æрæмдзæгъд кодта Шæлæт дæр æмæ Дудары размæ йæ къахфывдзтæ æр- сагъта, æнæ кафгæ дын нæй, зæгъгæ, йæм бахатыд’. — Кæстæртæ, кæстæртæ, æз ницыуал! — æфсæнттæ кодта Дудар. — Фæндыр, фæндыр! Цы фæдæ, Мери! — Дудармæ бацæугæйæ, æрхатыд Арысхан. Мери фæндыр тынгдæр айвæзта. — Цæй, Дудар, ма пæ фегад кæн! Нæ ныхасæн нын аргъ скæн! — Æрхатыд æм Шæлæт дæр, — Æмдзæгъд фæсивæд! — Ирæ, Салам æмæ иннæтæ къæрццæмдзæгъд кæнынц. Мери фæндыримæ рахызт æмæ, уæздан сиргæйæ, рай- дыдта кафын Дударимæ. Дыууæйæн дæр сæ къахы айс- тæй бæрæг уыд, се взонджы бонты фыддæсны кæй уы- дысты кафынмæ. Æмæ, æцæгæйдæр, цæй бæрц амонд- джыныл кымадтой Дудар æмæ Мери сæхи, иокуы-иу сæм чындзæхсæв^, гъе та хъæубæсты хъазты кафыны рад куы ’рхауд, уæд. Дудар афтæ рог -кафыди æмæ йын- иу фæндырдзæгъдæг дæр нæ фæрæзта йæ зæрдæйы фаг рог æрцæгъдын. Уæлдай диссагдæр та-иу уыдысты симды рæст^еджы. Радгæс-иу Дудары куы ’рхæцын код- та Мерийы цонгыл, уæд-иу Дударæй амондджындаар ни- 344
куы уал уыдис. Ай, мæнæ гъеныр дæр зилы йæ биной- наджы алварс, æмæ кæд фæзæронд ис, уæддæр йæ къахфындзтæ зæххыл рогæн æрсадзы, йæ мидбынат æр- зилы. Уæвгæ, йæ лæппуйы бонты цæсты ныкъуылдмæ æртæ, дыппар хатты зылди, цъилау. Кафт куы фесты, уæд сын сæ къухтæ райста Арысхан æмæ сын, щæстмæ- хъус ныхæстæ зæгъгæйæ, зæрдиаг арфæ ракодта, адæм сын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. — Иу кафт нæ зынаргъ Фарийæн, — æрхатыд Фари- мæ Дудар. — Гъе,~джиди, æгæр фæзæронд дæн, уый йедтæмæ Ф.ариимæ нæ окафгæ нæ фæуыдаин. Мæ лæппу- йы бонты демæ иу æмæ дыууæ кафты не скодтон мый- йаг. — Уыцы рæстæг раджы аивгъуыдта хиды бынты, Дудар! — дзуапп радта Фари. Шæлæт йæ къахфындзтыл кафгæ баныд Фарийы раз- мæ æмæ йын йæ сæрæй ныллæг акуывта, табуафси, зæгъгæ. Фæлæ уæдмæ Фарийы хъустыл ауад Саламы ныхас: — Уый кæй фенынмæ æртхъирæн кодтай æмæ кæй нæ ардтат, уыцы Цъæмæлы фырт у ообесы хицау. Фари, цавддурау, фæцис. Цыма йыл исчи уазал доньг ведра <бакалдта, афтæ хъыг ын уыдис. —Уæдæ уьш ды дæ, ды? Æнæчетар!!! Æнаккаг. — Фари, Фари, уæд -мæ мард фен, куы смæсты уай,— хус топпыхосы гуьшпау, æвиппайды цы хыл райдыдта, уый ныссабыр кæнынмæ хъавыди Дудар. Фæлæ Фарийы уромæг нал урæдта. — Дæхæдæг дæр дæ мыггаджы хуызæн! Бакæс ма йæм, бадилонау, уæздан æмæ калмзæрдæ! — Нæ мады хай... — цыдæр зæгъынмæ хъавыдис Шæлæт. — Дæ мад дæ быныл баззайæд, æнæуаг! — Æгæр ма мæсты ’кæн, Фари, сараздзысты дын дæ^ хъуыддаг, — архайдта Мери дæр Фарийы басабырыл. — Рауайы афтæ дæр, бахатыр ын кæи, — ныхас айс- та Кæрæфбег. Фæлæ Фари уисæн нæ кодта. Уымæн æртæ мæйы дæргъы йæ зæрдæйы цы бирæ мæстытæ сæвзæрд, уыдон 345-
скалынмæ хъавыди. Æрæджиау ма йæ къухтæ кæрæдзи- йыл хоигæ бартхъирæн кодта: — Нæ, мæ иунæг хъæбулы стæн! Нæ йын бахатыр кæндзынæн, — æмæ кæртæй фетте ис Дудар фырмæстæй аныхъуырдтаид, æвæццæгæн, Шæ- лæты, фæлæ уыцы рæстæджы телефон фæдисы дзæжгæ- рæг ныццагъта. Ирæ рæвдз фелвæста хæтæл. Адæммæ йæ къух фæхъил кодта, фæсабырдæр ут, зæгъгæ: Æмæ цыма кæимæ ныхас кодта, уый йæ разы лæууыд, уыйау ын йæ сæры тылдæй дзуатп лæвæрдта. Хæтæлы æры- вæрды фæстæ Дудары хъусы сусæгæй цыдæртæ дзуры- ныл схæцыд. — Куыд зæгъыс, куыд? Мæн агуырдта? — Сонтæй телефонмæ фæцæйуад Дудар, сгæй фæлæууыд. — Æмæ кæцы колхозмæ ацыд? — Нæ зонын. — Нæ зонын та цы хоныс? — фæтъæлланг ыл кодта Дудар. — Кæцы колхозмæ ацыд, зæгъын! — Нæ мын.загъта æмæ йæ куыд бафарстанн? Кæд мыйнаг «Сæуæхсиды» колхозмæ... кæнæ... — Кæпæ, кæнæ! — кæрты фырадæргæй" рауай-бауай кодта Дудар. Уæвгæ Арысхан ам нæ уыди æмæ уый ха- тыр нæ кодта, уæд Ирæйæн алывыд акалдтаид, фæлæ ныр тыххæй йæхи урæдта. — Цы хабар у, Дудар? — Цы ’рцыдис, Дудар? Махæн дæр <ма йæ бамбарын кæн, — тагъд-тагъд æй афарстой Арысхан æмæ Шæлæт. — Тагъд мæ ’цырыхъхъытæ! Шæлæт, æгас районы дæр базмæлынкæнын хъæуы. Та-гьддæр! — Цы ’рцыдис, зæгъ-ма йæ? — фæкодта Арысхан. — Салам, машинæ! — Цы ми кæнæм мах та? — афарста Шæлæт. — Обкомы иог секретарь Мæрзойы фырт нæ районы ис Уый хуымæтæджы нæу. Мæн, дам, агуры. Мсри рахаста’ цырыхъхъытæ æмæ сæ Дудармæ радта. Дудар тагъд-тагъд кæны йæ цырыхъхъытæ, Шæлæт ын .æххуыс кæны. — Арысхан! — Хъусын дæм, Дудар. — Тагъд фехъусын <кæн МТС-ы директорæн: пæхæдæг, 346
йæ хæдивæг, хистæр агроном, механик, сеп-пет дæр тра.к- горон бригадæтæм æвæстиатæй адæуæнт. Иуæн дæр дзы йæ фæд ахсæв ам хъæуы куыд нæ у’а, афтæ. " - — Хорз, хорз! — Доны рахисфарсы æгшæт колхозтæн дæр бамба- рын кæн. Хæлиудзыхæц сæ ма баййафæд Мæрзойы фырт. — Мæ бар сæ уадз. Ныртæккæ! * — Мæрзойы фырт мыййаг уым куы фæзына, уæд мæм кæнæ телефонæй фехъ’усын кæн, кæнæ мæм бæрæг рарвитдзынæ. — Æмæ кæм уыдзынæ? — афарста йæ Арысхан. — Райæххæсткомы мæ телефоны цур дежурнæ уы- дзæн æмæ уый бæлвырд зондзæн, кæм уыдзынæн, уый. Шæлæт! — Тæхын! — фæцæйзгъордта Шæлæт. — Кæдæм!!! Куы ницы ма дын загътон. Ды хъæусо- веттæм адзур æмæ алы ран дæр ахсæв дежурнæтæ куыд æрывæрой. Бам’барын сын кæн, хицау, зæгъ, ам ис æмæ йын, зæгъ„-сымахмæ æнæ фæзынгæ нæй. Бамбæрстай? — Бамбæрстон, Дудар .Майрæмович! — Фæса^сæвæр куы уа, уæд базондзынæ, ис дежур- нæтæ, æви нæ, хъæусоветты. Районы цæсгом .куыцнæ фæхудииаг уа, афтæ бакæнын хъæуы. Обкомы секретарь хуымæтæджы нæ фæзыцдаид. Уынгæй машинæйы хъæр æрбайхъуыст. Дудар куы фæцæйцыди, уæд йæ фæдыл ракаст Мери æмæ, стыр хъыгзæрдæйæ, сдзырдта: — О, хуьщау, мæнæ мын мæ бæрæгбон куыд æрбай- хæлдтой.. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ФЕМБÆЛД 1 Райæххæсткомы техникон секретарь Сырхауты Ирæ сæумæрайсом зæрдæхъæлдзæгæй фæзынд йæ куыстмæ æмæ цыдæр гæххæттытæ æвзæрста, афтæмæй сабыргай зарыди. Ирæйы чъылдыммæ къулыл уыд гæххæтт ны- хæст, йæ уæлæ типографион дамгъæтæй фыст: «Ам та- ма1КО дымæн нæй». Сæрдары уатмæ бахизæны дуары сæрмæ, Дудар йæхæдæг кæй æрхъуыды кодта, ахæм ло- 347
зунг конд ставд сырх дамгъæтæй: «Бындзарæй стонæлг бюрократизмы уидæгтæ!» Ирæ аныгъуылд йæ уарзондзинады сагъæсты. Зарыд цавæрдæр лирикон зарæг. Зарæджы ныхæстæ афтæ зæрдæбынæй кодта æмæ йæм лæг хъусынæй не ’фсæсти. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ знон изæр сæмбæлдысты, цардæй йын зынаргъдæр чи уыд, йæ зæрдæ йын чп фæ- риссын ’кодта, уьщы Цæргæсимæ. Æмæ, цасдæр рæстæ- джы дæргъы сæ зæрдæйы цы тыппыртæ фæхастой, уыдон суадзынæн сын фадат фæцис. Ирæ изæрæй сæхимæ куы фæцæйдыд, уæд иу тигъы фæзилæн’ы йæ размæ фæцис Цæргæс. Ирæйæн Цæргæоимæ æнæнхъæлæджы фембæл- дæй цыма исчи йæ къæхтыл здыйы путтæ абаста, афтæ %сæ уысмы бæрц размæ айсын нал фæрæзта. Стæй ты- хæйты цалдæр къахдзæфы акодта. Ахæм уавæры уы- дис Цæргæс йæхæдæг дæр. Сæ кæрæдзимæ кæсын дæр нæ бауæндыдысты. Æрæджиау Цæргæсы æндзыг зæрдæ- йы уаг фехæлд, акаст Ирæйы фæстæ æмæ йæм сдзырдта: — Ирæ, фæцæуыс? Ирæ æрлæууы’д. Цæргæс бацыд Ирæйьг размæ æмæ йæм’ дæрддзæф æрлæууыд. Уъщæи мисхалы бæрц йæ зæр- дæйы фæзынд цавæрдæр ныфс, Зилгæдоны тъæпæныя кусгæйæ Ирæимæ сæжæрæдзимæ цалдæр дзырдæппарæн кæй скодтой, уымæй. Уымæ гæсгæ фæзынд йæ размæ дæр. Уый фæндыд, куыд ничи сæ бахъыгдара, афтæмæй искуы фæсфæд ран Ирæимæ баныхас кæнын. Фæлæ Цæргæс æппынфæстаг бамбæрста, йæ зынаргъ уарзоны зæрдæ цæйбæрц тынг скъахта, уый æмæ йын фæсфæд ранмæ акома, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта. Æрæджиау æм сдзырдта: — Уырыссаг театр цæйдæр спектакль æрласта æмæ дæ нæ фæнды йæ фенын? — Æмæ цавæр спектакль у? — «Æнхъæлмæ мæм кæс»,—æфсæрмыгæнгæ загъта Цæргæс æмæ фемдзаст Ирæйы цæхæр цæстытæм. — Махмæ æнхъæлмæгæсæг чызг нæй, фæлтау æндæр искæй ахон! — йæ цæсгомыл тугдадзинтæ ахъазыдысты Ирæйæн æмæ æфсæрмы худт ба^кодта. Иæ зæрдыл æрба- лæууыд, чысыл раздæр æм куыд къæйныхæй æрхатыд Шæлæт, цæмæй иумæ федтаиккой уыцы ног спектакль. 348
Фæлæ йын Ирæ тызмæг дзуапп радта. Цал хатты дын загътон, Шæлæт, мæ развæндагыл ма лæу, зæгъгæ. Ирæ- пьг уæвгæ фæндыдис уыцы ног спектакль фанын. Уымæ гæсгæ тагъд кодта сæхимæ дæр, Азау, гъе Дзæйнæтитæй йæ искæимæ фендзынæн, зæгъгæ. Фæлæ йæм Цæргæс æрхата ахæм хъуыддаджы тыххæй, уый æнхъæл нæ уыд. Æмæ, Цæргæсы лæхстæгæнæн æнгасмæ бакæсгæ- йæ, йæ зæрдыл æрбалæууыд ныхтард Шæлæт æмæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта: —«Цæй-ма, Ирæ, цом!» — балæхстæ кодта ногæ>й Цæргæс. — Барæджы кодтай, Цæргæс! — куыддæр æвæндо- нæй сдзырдта Ирæ. — Цъæмæлы фырт дæуæй фæраз- дæр. Цæргæсыл цыма исчи уазал доны къæрта бакалдта, афтæ фестъæлфыд. Адымст фырмæстæй йæ зæрдæ. Чы- сыл раздæр И^æйы размæ куы тындзыдта, уæд йæ зæр- дæ цы чысыл ныфсы халыл хæцыд, уый дæр фескъуыд. Исдуг цы загътаид, уымæн ницы уал зыдта. Уым&н йæ хъустыл æрцыд, уæвгæ Шæлæт Ирæйы алыфарс, цъилау, кæй зилы, уый. Кæрæфбег дæр Шæлæты хъуыддат ара- зæг кæй у, уый дæр бамбæрста. Хардзау æркасти Цæр- гæсмæ, сæ дыууæимæ дæр цы фынгтыл фæбадтис, уый. Сайдæй йыл кæй зылдысты, уый тыххæй сæ дыууæйыл дæр йæ’къухтæ æруадзынмæ хъавыдис, фæлæ йæм аив нæ фæкаст йæ фæндон. Цæмæй сæм макуы фæрæдиа, уый тыххæй сæйæхи дæрдты ласта. Фæлæ Ирæйæн Шæлæтимæ иумиагæй исты ис, уый æнхъæл нæ уыд. Ныр ын Ирæ йæхæдæг куы загъта, уæд цы а’кодтаид, уымæн ницы уал зыдта, тыхæй йæ маст аныхъуырдта .æмæ йын зынæй загъта: — Е.ахатыр кæ, уæдæ! — Цæргæс цæхгæр фæзылд æмæ тагъд къахдзæфтæн фæцæйцыд районы ’рдæм. Ирæ йæ бынаты, сагъдауæй, лæугæйæ, аззад. Æвип- пайды йæ сæры азгъордтой æбуалгъ хъуыдытæ: «Нæ мын бамбæрста мæ хъазæн ныхас Цæргæс. Фæтындзы районмæ. Йæ мæстæй та хъуамæ нозты къупри йæхи фестын кæна». йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йе ’фсы- мæр Хæсанæйы ныхæстæ. Цавæрдæр стыр ныфс фæми- дæг .йæ уæнгты. Фæстейæ басырдта Цæргæсы æмæ йæ 3-19
йæ хæдоны фаеччийæ ацахета. Цæр’гæс мæсты сагъæс- тæй уыд йæ хъуырмæ æмæ йæ чидæр кæд ацахста,, уæддæр æнхъæл нæ уыдис æмæ Ирæ уа. — Цæргæс, — сдвырдта давæрдæр æнахуыр рæвдау- тæ хъæлæсæй Ирæ. .— Бахатыр кæн. Хъазгæ кодтон. Балгхæ дыууæ билеты, — стæй алыгъд Цæргæсы цурæй. Цæргæс не ’ууæндыд йæ хъустыл. Исдуг дызæрдыг цæстытæй касти Ирæйы фæстæ. Фæлæ йæм Ирæ цы рæвдаугæ цæстытæй бакаст, уыдон нæ сайдтой Цæргæ- сы, дзырдтой йын æцæгдзинад. Уыцы изæр федтой спектакль «Æнхъæлмæ мæм кæс». Сæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Опекта»кль куы фæ- цис, уæд иедуг, æнæдзургæйæ, цыдысты сæхимæ. Дыу- уæйы цæстытыл дæр уадысты, опектаилы сæйраг архай- джытæ. Цæибæрц æнæху.ысеæг æхсæвтæ федтой, се стыр уарзондзинады сæраппонд æппæт зындзинæдтыл дæр куыд фæуæлахиз сты. Сæхæдæг дæр æй нæ бам<бæрстой, стыр сосæ фæнда- гæй къахфæндагмæ куыд бахызтысты æмæ Алиханы цæхæрадоны астæуты ’куыд ’фæцæйцыдысты, уый. Уыд мæйрухс æхсæв. Мæй æмæ стъалытæ уæлдай тынгдæр æрттывтой. Дардыл зылд дыргъдоны бæрзонд æмæ ставд бæлæсты цæнгтæ зæу-зæу ’кодтой фыр задæй! Сæ æхсызгон тæф фындзы хуынчъытæ цавта., Дыр’гъдоны астæумæ æввахс къахвæндагæн гыццыл æттæдæр рахи- сы ’рдыгæй уыдис уазал суадон. Цæргæс æмæ Ирæ се скъолайы бонты иу æмæ дыууæ хатты нæ бауадысты йæ цурты, иу æмæ дзы дыууæ хатты нæ банызтой мыййаг. Фæлæ ахæм æнафоны Ирæ стыр хæонагыл дæр уьгцы зæронд дыргъдоны астæуты цæуын нæ ба^уæндыдаид. Суадоны комкоммæ куы ба’цыдысты, уæд Цæргæс фæ- лæууыд. Æрлæууыди Ирæ дæр. — Ирæ, иу чысыл абадæм, «æд гæнæн ис, уæд? Ирæ æнæдзургæйæ баздæхт суадоны ’рдæм, æрбад- тысты сæ дыууæ дæр. Цæргæсы зæрдæмæ бахъуызыдыс- ты æнахуыр рæсугъд хъуыдытæ. Чысыл ма куы уыдыс- ты сæ дыууæ дæр, скъоладзаутæ, æмæ-иу суадоны цур^æ куы ’рбахæццæ сты, уæд-иу суадонмæ кастысты сæ хуызтæм, айдæнмæ кæсæгау... Уæлдай хуыздæр-иу 350
зындысты хур .бон. Сæ дыууæйæн дæр кæд ’ уыдис æм~ бæлттæ, уæддæр фылдæр цыдысты и’умæ. Уæлдайдæр та Ирæйыл иу хатт цы ’мбисонд æркодта, уый фæстæ. Цæвиттон, иу зымæгон боН Ирæ иухатт чызджытимæ рацæйцыдис сæхимæ Алиханы цæхæрадоны æхсæнты. Къахвæндаджы тæккæ былыл цæхæрадоны зæронд бæ- лæстæй иу бындзарыл афæлдæхт. Ст’ыдта йæ арф уй- дæгтæ дæр æмæ йæ бындзæфхады бынат дзыхъхъæй баззад. Зымæг-иу митæй йæ тæккæ дзаг бацис, уалдзæг та-ну æрæгмæ дæр стадис. Ирæ йæ цурты куы рбацæй- цыд, уæд æй иу лæнпу фесхуыста æмæ дзыхъхъы сми- дæг. Ног миты, йæ хъуынджын палтойы, арсы лæппынау, сæвдылд Ирæ. Уæлæмæ схизын нæ фæрæзта дзыхъхъæй. Ноджы ма йыл уыцы лæппу бынмæ <къахæй «алдта мит- тæ. Ирæ исдуг йæхи хъæбæр кодта, стæй уынгæг хъæ- лæсæй скуыдта. Ирæйы сæрыл сдзырдтой ие ’мбал чыз- джытæ, фæлæ лæппу уыдонæй бирæ стырдæр уыдис, но- джы хылгæнаг, арæх надта чызджыты æмæ дзы тарс- тысты фæнæмынæй. Раст сæ афтæмæй æрбаййæфта Цæргæс. Ирæйы (кæугæ куы ауыдта, уæд уыцы иу схуыст фæкодт’а лæппуйы æмæ дзыхъхъы смидæг. Ирæйы къу- хыл фæхæцыд Цæргæс æмæйæ фелвæста. Уый уыд Уæл- лаг сыхаглæппу Нини, Цæргæсæй иу-дыууæ азыхистæр. Хылгæнатæй йæ зыдта Цæргæс дæр. Нини сгæпп кодта уæрмæй æмæ Цæргæсыл йæхи ныодавта. Бацайдагъ сын хыл. Фæлæ тынг фæрæдыди Нини, йæ хъаруйыл йæ зæрдæ кæй фæдардта, уымæй. Цæргæсыл цъиуджун карчьг цæф йæхи ныккодта, ацахста йын йæ бæрзæй, æ’рылхъивынмæ йæ хъавыдис тыхæй зæхмæ, ноджы ма сынæгæй дæр архайдта, фæлæ йын Цæргæс йæ дыууæ фарсыл фидар æрхæцыдис, къухтæй йæ размæ куыд фесхуыста, афтæ йæ фæстейæ дæр уæрагæй ахæм тъæпп скодта æмæ Нини размæ атахт, йæ хæмхудтæ миты фæ- цавта... Ноджы йæм Цæргæс батæпп ^кодта æмæ йын йæ сæр зæхмæ æрхоста. Нинийы фындзы тугæй ,мит сырх- сырхид адардта. Чызджытæм дæ ныфс фæхæссыс, æви дæхицæй тыхджындæр никæмæн æнхъæл дæ, зæгъгæ. Уæджй фæстæмæ Нини чызджыты никуыуал бахъыг- дардта. Ирæйы сæрыл Цæргæс кæй сдзырдта, уый йып йæ чысыл зæрдæйы нывæрдта цавæрдæр æнахуыр æн- 351
-къарæн æмæ йæ æдзухдæр фæндыдис Цæргæсимæ цæ- уын. Уьий хатыд Цæргæс йæхæдæг дæр. Куы фæхъомыл- дæр сты, уæд бамбæрстой уьщы хæлар æнкъарæн кæй суагъта уарзондзинады билцъ æмæ ’бонæй-бон тых- джындæр кæй рæзы. Æнæ юæ кæрæдзи фентæ иу бон дæр кæй нал фæрæзтой. Æмæ ныр мæнæ, сæ тæккæ амонд агургæйæ, фæзындысты уьщы суадоны щурмæ. — Хъуыды ма кæныс, иухатт Нинийы куы фæнад- тай? — Æмæ йын нæ хъуыдис? Фæлæ йæ цæй тыххæй фæ- падтон, уый ма зоныс? —Уый, чи зоны, уый уый аккаг нæ уыдис! — Ирæ, уæд, дæлæ уыцы суадонау, сыгъдæгуыдыс- ты нæ зæрдæтæ. Уый уæд куыд сыгъдæгæй цыдис, абон дæр афтæмæй цæуы. Стыр тæхудиаг у, бауырнæд дæ. Фæлæ æз та?.. Ирæ, абон мæ фæнды демæ баныхас кæ- нын, æрмæст уарзондзинады тыххæй нæ, фæлæ хорз æмгардзинады тыххæй. Æнцон у, лæг куы фæтаса, уæд уымæ къах фæдарын, йæ фæскъæбут ын ныццæвын, цæмæй йе ’мбудæнтæ цъыфы асадза. Ахæм æмбисонд æркодта мæныл. Зонын, аххосджын дæн. Сæйраджы- дæр, рæдыд исын мæхимæ. Фæлæ цымæ æнæаххосджын- дæр сты, ам цы æмгæрттæ æмæ хæлæрттæ æрæййæфтон, уыдон? Хæсты быдыры мах ахуыр кодтой стыр хæлар- дзинадыл. Хæстон-иу куьг фæцæф, уæд æй иннæ ласта йе ’ккой, цæмæй йæ фервæзыи кодтаид мæлæтæй. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу йæхæдæг дæр цæхæры басыгъд. Мæ- лæтдзаг хæстонтæн-иу сæ уæззау цæфтæй цы туг мыз- ти, уый-иу схæщцæ æмæ афтæмæй зæххы хъарыд... Хæс- тон æмбал Райгуырæн бæстæйы сæраппонд амæлын куыд цытджын хъуыддагыл нымадта, афтæ нымадта уæззау уавæрты хорз хæлары сæрыл амæлын дæр. Уы- цы^стыр уарзондзинад махæй, æнæзонгæ адæмæй хæс- ты быдыры сарæзта, амæлæн кæмæн нæ уыдис, ахæм тых. Искуы-иу стæм хатт исчи йæ зæрдæмæ хъусыныл куы фæцис, уæд-иу æй фервæзын кодтой йæ т’охы æмбæлттæ. йæ зæрдæйы æрхæндæг ын-иу фæсырдтой стыр хæлар- дзинады тыххæй. Æмæ,1куы зæгъын, æз аххосджын дæн... Ф.æлæ цы сарæзтой мæ хорз хæлæрттæ? Уæд та уæхи Хæцанæ нæ фæцис? Цæмæн бахаудтæн Кæрæфбег æмæ 352
Шæлæты ахстонмæ? Цæмæн фæриссын кодтон мæ иу- нæг мады зæрдæ? Ацы хъуыддаджы, бахатыр мын кæн, фæлæ иу чысыл аххосджын кæнын... — Мæн дæр. Аххосджын дæн, Цæргæс. Фæлæ мæ æндæр хъуыдытæ фæрæдийын кодтой. Æмæ мын уыдон фесæфтой ме ’нцойдзинад. Иухатт мæ уæрмæй куыд сыгъдæгзæрдæйæ систай, æмæ уæд мæ сæрыл куыд ра- надтай Нинийы, афтæ тыхджынæй дæ куы уыдтаин æдзухæй дæр, уый мæ фæндыдис. Ды та ахæм нал уыдтæ. Тар мигътæ . æрбахъуызыдысты мæймæ æмæ йæ сæ аууон бамбæхстой. Бæласы зад цонгæй фæхицæн ставд фæткъуы æмæ суадоны йæ цæлхъ фæцыд. Ирæ фæтарст æмæ Цæргæсы’ къухыл фæхæцыд. Исдуг æнæдзургæйæ аззадысты сæ дыууæ дæр. Уæдмæ та йæ уацарæй раир- вæзт мæй æмæ сæм худгæйæ æркаст. Цæргæс суагъта Ирæйы къух, бакаст ын ком1ко,ммæ йæ цæстытæм. Уы- мæн дыууæ ставд щæстьгсыджы æрлæсти йæ рустыл. — Гъе, æндæр дын ницы зæгъынмæ хъавыдтæн, Ирæ. Гъеныо, дæхи куыд фæнды, афтæ бакæн. Кæдмадæм дæ кæддæры зæрдæйы уагæй исты ис, уæд дын мæнæ мæ къух. Суадонау базмæст мæ зæрдæ, фæлæ мæм афтæ кæсы, >цыма ныр рæсуг у, хæрам хъуыдыйæн дзы бынат нæй. «Нæ» мын куы зæгъай, зæххьг арды стæн, нæ дæм фæхæрам уыдзынæн. Зынаргъ адæймагмæмæс- ты гæнæн ис, фæлæ хæрамгæнæн нæй. Ирæ æмбæрста, Цæргæс æм йæ къух цæмæн бадаргъ кодта æмæ дзы цавæр дзуапп агуырдта, уый. Æмæ Цæргæсæн нæ бакомдзынæн, зæгъгæ, ахæм хъуыды йæм уæвгæ никуы уыд. Уы.й мæсты кодта Цæргæсмæ, æр- мæстдæр нозтыл кæй фæцис æмæ адæмы цæсты йæхи кæи æфтыдта, уый тыххæй. Фæлæ дзы Цæргæс ахæм æртом дзуапп бадома, уый æнхъæл нæ уыдис. Куыддæр йæ зæрдæ сриссæгау кодта, цыма йыл уазал дымгæ сæмбæлд, уыйау барызти ,йæ буар æмæ тæрсгæ-ризгæйæ, йæ 1чысыл фæлмæн къух Цæргæсы къухыл æрæвæрдта. Цæргæс йæ тыхджын къухæй æрылхъывта Ирæйы къух æмæ йын бакаст йæ рæсугъд цæсгоммæ. Уый йæ цæс- тæнгас ныщцавта суадоимæ. Æмæ уыцы ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: 235" 353
— Æмæ ахуыр та? — Кæд гьиццийæн æгæр зын нæ уа, уæд ахуырмæ дæр ацæудзыстæм. На, уæддæр æз ам баззайдзынæн, ды ацæудзынæ. — Æмæ æз цæуылнæ баззайдзынæн æмæ ды раздæр цæуылнæ ацæудзынæ? — Сылгоймагæн фæстæдæр зындæр вæййы ахуыр- кæнынмæ. Ирæ бамбæрста Цæргæсы ныхас, ома сывæллæтти- мæ, зæгъгæ, зындæр уыдзæн ахуыркæнынмæ, æмæ ни- цыуал сдзырдта. Цæрг-æс йæхицæй амондджындæр дунейыл никæйуал æнхъæлдта. Афтæ йæм каст, цьгма ныртæккæ Алиханы бæлæстæй кæцыфæндыйыл æрхæцыдаид йæ домбай цæнгтæй, уæддæр æй стонид, афтæ бирæ тых хатыдис йæхимæ. Фæлæ лæмæгъ сыдгойм-аджы къух йæ дыууæ къухы æхсæн фелхъивынæй тарст. Тарст ын йæ дисса- джы рæвдаугæ цæстытæм камкоммæ бакæсынæй дæр. — Æнафон у ныр! — æрæджиау сдзырдта Ирæ, — цы зæгъдзысты нæхимæ? Цæргæс Ирæйы ныххæццæ кодта сæ хаадзары онг. Сæхимæ «уы бацыд, уæд æхсæв-бонмæ рафт-бафт фæ- кодта иæ хуьгссæны. Куы-иу фæцæйфынæй кодта, уæд та-иу фехъал, цыма Ирæйы >къух фелхъивынæй тарсти. Ирæ Цæргæсæй куы фæхицæн, уæд сæ тыргъы афæсти- ат. Йæ сагъæстæ йæ æнцой нæ уагътой. Уый хорз зыдта ирон æгъдæуттæ æмæ иугæр лæппуйæн дзуапп радта, уæд сæм минæвæрттæ дæр тагъд рæстæджы кæй зын- дзысты. Тагъд йæ царды кæй æрцæудзæн дынджыр ивддзинад. Ох, (цæй тынг æй фæндыд, йæ зæрдæйы цы бирæ циндзинæдтæ ис, уыдон иокæмæн радзурын. Фæлæ кæмæн? Йæ мадæн ницы еæгъдзæн. Уый æдзухдæр Шæ- лæты гуылы бын æндзары. Азаумæ ацафон бадзурын аив иæу. Дзæйнæт æгæр дард у. Хæсанæйæн? Æмæ мæ зынаргъ æфсымæры руаджы куы у æппæт дæр," уæд ма йæ хуыздæр кæмæн хъуамæ радзурон. Æмæ, йæ уаты дуар фегомнæнгæйæ, федта, Хæсанæ ма стъолы фарсмæ кæй бады æмæ кæй кæсы цавæрдæр бæзджын чиньтг. Ирæ йе ’фсымæрыл ныттыхст. ^ Хæсанæ бакаст йæ хойы цæстытæм æмæ уыдон фыр- 354
цшнæй цæхæртæ калдтой. Хæсанæ йæ сахатмæ æркаст æмæ йæ афарста: — Кæм уыдтæ, кæ? Ирæ ногæй ныхъхъæбыс кодта йе ’фсымæры æмæ, иннæрдæм кæсгæйæ, æнахуыр цин æмæ ризгæ хъæлæ- сæй сдзырдта: — Куы зонис, цæй бæрц бузныг дæ у, уый!.. Гъе æмæ ныр ацы райсом уыцы хъæлдзæг ’зæрдæ- йы уагимæ фæзындис Ирæ йæ куыстмæ райæххæстком- мæ. Уымæй ма Ирæйæн ис, хъæдабæйау, лæгъз æмæ æх- сызгондæттæг хъæлæс æмæ йæ зæрдæйы фæндон зар- джытæ кодта. Ирæ кæм бадтис, уыцы уатмæ фæзынд Аслан. Уый фæндыди райæххæсткомы сæрдары фенын. Хабары фырты хæдфæстæ фæзындысты Мысост æмæ Уари дæр. Ирæ сынфестад æмæ сын салам радта. — Дудар ам ис? — афарста Мысост Ирæйы. — Нæма ис. — Дæ хорзæхæй, уæдæ мæм уыцы фæдисæй цæмæ дзырдтаид? Хабары фырт Хестанты Уарийы куы ауыдта, уæд ыл бацин кодта. —■ Иæ редакторы хæдивæгимæ ныхас кодтон. Уац- хъуыд^ а-дыууæ боны рацæудзæн. Редакди мын бахæс кодта Уырымты Фарийы фенып. Йæ хъаст ис Мæрзойы фыртмæ. Æгæр бирæ хъæстытæ йæм бацыд уæ райæх- хæсткомы æдзæллаг куысты тыххæй æмæ йæхæдæг зи- лы колхозтыл, бæрæг кæны районы æппæт уавæр дæр. — Уæдæ райæххæсткоммæ дæр * уымæн не ’рбапыд, æмæ уыцы иу цыдæй колхозтæм уымæн ацыд. Зопгæ дæ немæ? — афарста Уари Асланы. — Уæдæ цы. Диссаджы лæг у, хъæрæп дзургæ йæ "никуы- фендзынæ. Фæлæ лæгмæ куы ’бакæса, уæд... Телефон дзæнгæрæг ныццагъта. Ирæ трубкæ систа æмæ йæм байхъуыста: — - Хъусын, Дудар? Адæм бирæ. Цъæмæлы фырт МТС-ы директоримæ быдырмæ ацыд. Де ’рбацыдмæ пæм фæсидон? Хорз. — Ирæ æрæвæрдта трубкæ. — Аслан, Фарныхъæуы дыууæ колхозæн ис иумæ- паг партион æмбырд. Кæд дæ æвдæлы, уæд цом мемæ? 355
— Уæ президентæн мæхи нæма феныи кодтон, афтæ- мæй цал боны дæн уæ районы. — Ныртæккæ йæ дæумæ не ’вдæлы, — иннæ адæм æи куыннæ фехъусой, афтæ хъуыддаг сабыргай бамба- рын кодта Уари, — Мæрзойы фырты агурæг колхозтыл зилы. Ирæ, куы фæзына, уæд ма йын зæгъ æмæ мæм иу телефоны æрбадзурæд. Райæххæсткоммæ цы адæм цыдысты, уыдон кодтой фылдæрæй-фылдæр. Ардæм фæзынд партийы обкомы секретарь Мæрзойы фырт дæр. Хабары фырт ын фес- тынмæ хъавыдис, фæлæ йын уый йæ уæхскыл рог æр- хæцыд, нæ й,æ бауагъта сыстын. Бамбарын ын кодта йæ цæстæнгасæй, ома афтæ хуыздæр у æмæ æрбадтис Мы- сост æмæ Хабары фырты фарсмæ. — Уæ сæрдар ам нæй? — афарста Мæрзойы фырт Ирæйы. — Нæй! — дзуапп радта Ирæ æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — адон дæр сæрдармæ æнхъæлмæ ,кæсынц. — Алæбон дæр афтæ раджы фæцæуы йæ куыст- мæ? — ногæй афарста Мæрзойы фырт. — Раджы? — æфсæрмы худт бакодта Ирæ. Цæвиттон, Мæрзойы фырт ацы бонты дæргъы уы- дис цалдæр колхозы. Ныхас кодта канд сæрдæрттимæ нæ, фæлæ хицæн æмæ хицæн колхозонтимæ дæр. Ба- бæрæг кодта колхозты фосы фермæты уавæр. Уыд хæл- цы комбинаты, æфсæнвæндаджы станцæйы. Сæуæхсиды колхозы хæдзарад баййæфта тынг æдзæллаг уавæры. Кусæг фосæн афоныл холлаг кæй не сцæттæ кæнынц, уый аххосæй бæхтæй æмæ галтæй бирæты зымæджы рæстæджы мæцъисæй стынкæнын бахъæуы. Уæлдай тынгдæр ын рахъаст ’кодтой колхозы сæрдар нуæзтуар- заг Дзабойæ. Ахæм сæрдармæ кæсгæйæ, бирæ колхо- зонтæн сæ уæнг кæй амард, кæй нал цæуынц колхозы куыстмæ, сæ хъус кæй адардтой сæхи цæхæрадæтты куыстмæ, æхсæнадон хæдзарад та .кæй æрцыд æдзæл- лаг уавæрмæ: фæстаг дыууæ азы дæргъы æфстау хор йедтæмæ фæллойбонтæм кæй ницы радтой. Æмæ ахæ-м æнæсæрфат сæрдары кæй быхсынц Радиты Дудары ах- хосæй. Цалдæр хатты йын йæ фарст æрæвæрынмæ хъавыдысты, цæмæй йæ раивтаиккой, фæлæ сæ Дудар 356
ской дæр нæ бауагъта, æдзухдæр хæцыд йæ хæстæг Дзабойы сæрыл. Уæдæ Мæрзойы фыртæн чысылхъæс- тытæ нæ фæкодтой хæлцы комбинаты куысты тыххæй дæр. Алæмæтаты Кæрæфбег æмæ Цъæмæлты Шæлæт хæлцы комбинаты исбон ныддымдтой, зæгъгæ. Комби- наты кусджытæ <сæ иумæйаг æмбырды уынаффæ ра- хастой, цæмæй паддзахады исбон хæлæттаггæнджытæ æрлæууой советон тæрхондоны раз æмæ дзуапп радтой сæ фыдракæндты тыххæй. Фæлæ та уыдон дæр фервæ- зын кодта Радиты Дудар. Мæрзойы фырты зæрдыл æр- лæууыдысты партийы обкомы раздæры секретарь Со- зырыхъойы ныхæстæ: «Фарны район æнæхъæнæй дæр уæз кæны Радиты Дудары уæхсджытыл.Æмбал кæмæн нæй, ахæм фæлтæрд кусæг у!» Диссаг!.. Мæрзойы фырт бабæрæг кодта Зилгæдоны тъæпæн дæр. Радиты Дудар партийы обкомы номыл цы хъаст фыста, уым стыр аххосджыныл нымадта сæйраджыдæр Хестанты Уарийы, стæй та Мысост, Ахберд æмæ Хæса- нæйы. Фæлæ тынг æппæлыд Арысханæй. Иу чысыл хъав- гæ растыдта Алæмæтаты Кæрæфбеджы дæр. Æмæ ныр йæхæдæг Зилгæдоны тъæпæн куы федта, уæд дисы бахаудга, афтæ дардыл чи ныззылд, уыцы’ зæххæй нырыуонг кæй не спайда кодтой колхозтæ, уый тыххæй. Цы у ахæм тыхджын донæн пыхсытæ æмæ дур- тæй арæзт ауæзт. Уым хъæуы бетон. Стæй йæ аразын хъæуы иу колхозы хъаруйæ нæ, фæлæ дзы цы колхоз- тæ пайда кæной, уыдон хъарутæй æмæ æнæхъæн рай- оны æххуысæй. Фæлæ Мæрзойы фырт къаддæр нæ дис ’кодта, Радиты Дудар афтæ тыхджынæй цæмæн ныллæууыд Зилгæдоны тъæпæны ныхмæ, ууыл. «Уый у, — фыста Дудар, — цæстуынгæйæ, паддзахадæн фыд- ракæнды хъуыддаг». Диосаг! Ногæй та ахъуыды кодта Мæрзойы фырт, — уыцы къæрццхъусæй цæуылнæ уы- ны «Сæуæхсиды» колхозы уавæр, цæмæн басусæг код- той хæлцы комбинаты хъуыддæгтæ? Нæ, æвæстиатæй аиуварс кæнын хъæуы колхозы сæрдары бынатæй Дза- бойы, р&дтын хъæуы тæрхондонмæ хæлцы комбинаты хъуыддаг... Зилгæдопы зæххæй рахизгæйæ, иу рам машинæ 357
дзыхълæуд фæкодта æмæ фескъуыдысты Мæрзойы фырты хъуыдытæ. — Æнхъæл дæн æмæ цъыфы ныссагъдыстæм, — загъта шофыр æмæ тынгдæр скусын кодта матор, фæ- лæ машинæ йæ мидбынат ризæгау цы кодта, æндæр размæ нæ цыд. Шофыр рагæпп кодта æмæбазыдта, ма- шинæ æлыг цъыфы кæй ныссагъдис, уый, быдырты йæ цæст ахаста æххуыс æнхъæлцау, фæлæ дзы ницы зын- дис. — Стыр фæндаджы былмæ цæуын хъæуы, кæд нын искæцы машинæ феххуыс кæнид, науæд цъыфы ныс- сагъдыстæм, — аххосджыны хъæлæсæй сдзырдта шо- фыр. Æниу уый æппындæр аххосджын нæ уыд. Уымæн æмæ фæсфæд фæндæгтæ иууылдæр уыдысты æвзæр уа- вæры. — Нæ, фæлæ ды ам лæу, æз дæм æххуыс æрбар- витдзынæн! — загъта Мæрзойы фырт æмæ стыр фæн- даджы ’рдæм арает. Чысыл жуы бауад, уæд йæ хъустыл ауад «Уæлахизы» колхозы донласæг Дзибылы зарын, стæй уæдмæ йæхæдæг дæр æрбаввахс. — Уæу-уа, æнхъæл дæн æмæ цъыфы ныссагъдыс- тут? —салам радтыны бæсты афарста Дзибыл, — кæм уыдысты йæ цæстытæ уыцы хæлиудзых шофырæн, исчи ахæм фæндагыл цæуы, бæхуæрдæттæ дзы сæ ныфс куы- пæ хæссынц, уæд. — Тагъд кодтам... — йæ мидбыл бахудгæ загъта. Мæрзойы фырт. — Цæй, кæд дæ сæрмæ хæссыс, уæд дын, табуафси, «Уæлахизы» донласæг Дзибылы фарсмæ бынат. — Хъыгдарын дæ, фæлæ мæ сосæ фæндаджы был- мæ бахæццæ кæн* уæдæ. — Б<афæрсын аишт ма уæд, фæлæ уыцырдыгæй кæм уыдыстут? — машинæйы ’рдæм акæсгæйæ, цымыдисæй афарста Дзибыл. — Зилгæдоны тъæпæны. — Зилгæдоны тъæпæны! — цыма йын йæ хъæдгом- мæ февнæлдта йе ’нæзонгæ æмбæлццои, уыйау æп афарста ногæй. Мæрзойы фырт фембæлдис зæрæдты звеыойы уæнг- 358
тимæ. Ахберд куы базыдта, Мæрзойы фырт кæцæй у, уый, уæд ын ракодта Зилгæдоны таурæгъ. «Æрмæстдæр цалдæр нартхоры зæнджы, фæлæ уы- дон æвдисæн сты, Зилгæдоны зæхх кæй у сыгъдæг хæзна», — йæ хъустыл ма уадысты Ахберды ныхæстæ. Мæрзойы фырт æмæ Дзибыл ныхасгæнгæ æрбахæц- цæ-сты «Уæлахизы» дыргъдоиы цурмæ. — Дæ хорзæхæй, ай нæ колхозы сæрдар Арысханы бæх куы у, уæд ам цы ми кæны? — бадис кодта Дзи- был, Згъары бидаркæйы ивтыгъдæй ауынгæйæ. Фæлæ уæдмæ ауыдта стыр фæткъуы бæласы бын, суадоны фарсмæ нæууыл бадгæ Кæрæф,бег æмæ Шæлæты. Уы- дон цъæх нæууыл æрытыдтой газеттæ, æрывæрдтой сыл хæрд, нозт æмæ афтæмæй минас кодтой. — Хæлæрттæ! Иу хæдон сын уæрæх у! — Мæрзойы фыртæн бамбарын кодта Дзибыл. — Хæлцы комбинаты куы куыстой, уæдæй нырмæ афтæ схæлæрттæ сты. Æмæ ныр кæд иумæ нал кусынц, уæддæр сæ кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц. — Хæлардзинад хорз хъуыддаг у!.. — О, фæлæ сæ уыцы хæлардзинад, чысыл ма ба- хъæуа æмæ Сыбыры хай фæкæна. Фæлæ Радиты Ду- дарæн цы загъдæуа... Мæрзойы фырты хъустæ куыддæр ссыгъдысты, но- гæй та хæлцы комбинаты кой фехъусгæйæ, æмæ ды- зæрдыгæй сдзырдта: — Æвæццæгæн, сæ иу Алæмæты фырт у, иннæ та Цъæмæлы фырт. — Зонгæ дæ семæ? — фæцымыдис Дзибыл æмæ æнæзонгæ лæджы цур цы ныхæстæ загъта дыууæ хæла- ры тыххæй, уыдон æм хардзау фæкастысты. — Нæ. дæн, фæлæ сын сæ .хабæрттæ фехъуыстон. — Гъемæ раст бакодта Радиты Дудар? — Раст нæ, фæлæ ахæм -хъуыддаджы тыххæй... — Мæрзойы фырт йæ ныхас æххæстæй нал загъта. — Кæд æгæр тагъд нæ кæныс, уæд уыцы æвæджиа- уы суадонæй баназæм?.. — Баназæм’ — сразы Мæрзойы фырт æмæ бæхуæр- дон сарæзтой. Кæрæфбег æмæ Шæлæт кæм минас код- точ, уыцы ’рдæм. 359
Цæвиттон, Дудар Мæрзойы фырты æрцыды тыххæн бæстæ цъиувæдис 1куы систа, уæд Шæлæт абадтис Арысханы бидаркæйы, нæ ферох кодта Мерийы гуы- рæнбоны дзаг фынгæй хæрд, нозт рахæссын æмæ йæ фæндаг ракодта Дудары сомбоны хæдивæг Алæмæта- ты Кæрæфбегыл. Бамбарын ын кодта хъуыддаг. Кæ- рæфбегæн ’куыддæр минасы кой йæ хъустыл ауад, аф- тæ уайтагъддæр фæцæуæг Шæлæтимæ. Æмæ ныр дард- мæ Дзибылы фарсмæ бæхуæрдоны шляпæджын куы федтой, уæд Шæлæт ныппыррыкк кодта æмæ сдзырд- та: — Мæрзойы фырт «Уæлахизы» Зим-ы æрбацæуы. Стæй йæ худын фæурæдта æмæ Кæрæфбеджы афарс- та: — уый ма уа æцæг?.. — Сæрра дæ, æви? —ноджы тынгдæр та бахудти Кæрæфбег! — Мæрзойы <фырт, партийы обкомы фыц- цаг секретарь æмæ донласæн боцкъайы фарсмæ, кол- хозон донласæг Дзибылы уæрдоныл!.. — Цæй, чифæнды дæр уæд! — йæ къух æнæбары ауыгъта Шæлæт, — фæлæ комкоммæ ардæм æрбаиæ- уынц. Æвæццæгæн, карз арахъхъы тæф сæ фынд^ыл ауад. Мæрзойы фырт суадоны донмæ куыд фæгуыбыр кодта æмæ дзы баназынмæ куыд хъавыди, æфтæ йæм сдзырдта Шæлæт: — Гъæй, гъæй, ма баназ, æфсымæр! Шæлæтæн агуывзæ йæ къухы, афтæмæй бацыд сæ размæ. Агуывзæ ранхъæвзта суадоны донæй. Суадоны пæ къух атъыста æгæ дзы чысыл раздæр ныууазал кæнынмæ цы æвгта нывæрдта, уыдонæй иу сиетл. Рауагъта дзы нозт агуывзæмæ æмæ йæ бадаргъ -кодта уазæгмæ. Кæрæфбег та йыы карчы сгуы æрцæттæ код- та: — Низæй нæм ницы ис, фæлæ культурæ зонæм æмæ, табуафси, базонгæ уæм. Æз Цъæмæлты Шæлæт — Фарны районы бæрнон кусджытæй иу, мæнæ уыл та Алæмæтаты Кæрæфбег — мæ хуыздæр æрдхордтæн сæ тæккæ сæр, нымад бонты фæстæ йæм æнхъæлмæ кæсы 360
Фарны районы æххæстгæнæг ^скштеты сæрдары хæди- вæджы бынат. Ды та? — Асланбег. — Фæлæу, кæддæра дæ нæ базонин! — æдзынæг ба- каст Шæлæт Мæрзойы фыртмæ! — дыргъцæттæгæнæг. Мæрзойы фырт бахудт: — Дæ’хорзæхæй, цæмæй йæ базыдтай? — Дыргъбæлæстæм цыппар цæстæй -куы кастæ, уæд æй уайтагъддæр базыдтон, хъуыддаджы лæг кæй дæ, уый. Аназ уал, стæй дын æй бæлвырддæр зæгъдзынæн. Мæрзойы фырт йæхимæ не ’рхатын кодта, райста нуазæн, акуывта сын æмæ йæ анызта. — Хæлар дын уæд, хæлар, дæ мады ’хсырау. Дзибыл дæр дзы иу анызта æмæ, хатыр ракургæ, уа- зæгæн афтæ зæгъы: «Цæй, ды ма цы фыдæбон кæныс, æз уæддæр уæлæрдæм цæуын, МТС-ы зæгъдзынæн æмæ дын дæ машинæ сæппардзысты. — Дæ -хорзæхæй, ма дæ ферох уæд! — Дзибылы фæстæ ма адзырдта Мæрзойы фырт. — Æфсымæр, нæ цуры абад æмæ дын æй бæлвырд- дæр радзурон, цæмæй да^ базыдтон, уый. Мæнæ Кæ- рæфбеджы уыныс, уый фæлхасады комбинаты дирек- тор уыдис, æз та йæ хæдивæг. Æмæ ды дыргъбæлæсты зад дыргътæм кæсыс, фæлæ дæ бауырнæд, æз дæр сыл- иу афтæ зылдтæн, æххæст дидинæг дæр-иу нæма раф- тыдтой, афтæмæй. Фæлæ ныр дард дæн ахæм куыстæй. Фæлæ дæ бауырнæд, мах фæстæ уыцы комбинаты ку- сæг нал фидар -кæны. Æз нырмæ собесы хицау уыд- тæн, фæлæ мын æрæджы Радийы фырт загъта, культу- рон фронтмæ, дам, дæ баивынмæ хъавын. Фæлæ щ* у уыцы куыст дæр. Æз уарзын æхсыр, сой кæцæй кæла, ахæм куыст, уайкультхæдзары къултæм та ахæм ми- ииуæг нæй. — Дыргътæй культурæйы фронтмæ! — йæ хъуыды æххæстæй нæ загъта Мæрзойы фырт. — Мах заманы алцы дæр вæййы. — Асланбеджы уæхокыл йæ къух æрывæргæйæ, загъта Шæлæт. — Ба- уырнæд дæ, хæст куы райдыдта, уæд мæнæ ме ’рдхорд Кæрæфбеджимæ фронтмæ цæуынмæ хъавыдыстæм, фæ- лæ нæ ской дæр нæ бауагътой. 361
— Фронты æппæт кæцæй хъуамæ уыдаиккой, ам’ дæр адæм хъуыд. — Уæлдайдæр разамонæг кусджытæ! — йæ ныхас баппæрста Кæрæфбег дæр æмæ Шæлæтмæ, йæцæстæр- ныкъулгæйæ, хин каст бакодта. — Гъай-гъай. Уæлдайдæр, — æггпæлыны хуызы одын æй ма бамбар, — фæлæ, мæ хуызæн «усджытæ. Бауыр- нæд дæ, æфсымæр, иу куыстæй мæ иннæмæ ивтой. Зæгъгæ-иу куыст искуы ныкъуылымпытæ, уæд та-иу мæ уым фæмидæг кодтой. Æмæ уымæй цавæр рæтты куьгс- тон, цавæр. Сельпойы дзулфыцæны сæйраг директорæй, тæккæ стырдæр закусочнийы сæргълæууæгæй. Дарддæр та мæ, цæвиттоны хъуыддагæн, ноджы уæлдæр бынат- мæ сивтой — варенæфыцæн заводы цехы хицауы бы- натмæ. — Варенæ фыцынмæ дæсны уыдтæ, æвæццæгæн? — афарста йæ Мæрзойы фырт. — Цæвиттон, æцæпцех нæ уыд — скълад, фæлæ дзы мызд дзæбæх уыд, уымæ гæсгæ йæ афтæ рахуыдтам. Дыууæ мæйы дæр. нæма рацыд, афтæ та ,мæ районы хæлцы комбинаты директоры хæдивæгæй авæрдтой, мæ- нæ мæ хæлар Кæрæфбеджы хæдивæгæй. Алæмæты фырт расыг Шæлæтмæ йе ’рфгуытæ фæ- ^тар кодта, ома æнæзонгæ адæймаджимæ дзæгъæл дзу- рыныл цы схæцыдтæ. — Ех, цы цард нын дзы уыд, цы цард! Æвæццæгæн æй ,мæ фыны дæр никуыуал фендзынæн, — Шæлæт бынуæзты ныуулæфыд æмæ стыр хорздзинадмæ бæл- лæгау сдзырдта: — изæрæй-иу дыууæ ’боцкъа æрба- тылдтон, æхсæвы сыл ’карз ’цырв аскъæр æмæ-иу рай- соммæ зæнæг рауагътой, нард хъыбылы хуызæн-иу се ’хсæнæй каст чысыл боцкъа. Ныр ахæм хорз бынæт- тæй æрхаудтæн культурон фронтмæ æмæ дзы хъуамæ маамæлайы къæбæрæй цæрон. Афтæ ма ’нхъæл, æфсы- мæр, æмæ æз культурæйы ныхмæ дæн. Стыр хуыцау мæ бахизæд ахæм фыдбылызæй. Æнæкультурæ мæ цардыл мæ къух сисин. Ахуыргонд лæг дыууадæс цæс- тæй уыны, нахуыргонд лæг та йæхи дыууæ цæстæй дæр куырмæй уæлдай нæу. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыстон чингуыты уæлхъус. Пучкин, Цалтиков, стæй 362
ноджыдæр Чедрин æмæ бирæ ахæм номдзыд фысджы- Ты уацмыстæ кæсгæйæ. Шæлæт цы маргъы мыггаг у, уый хорз бамбæрста Мæрзойы фырт. Исдуг сагъæсты аныгъуылд. Фæсау- уонмæ тынг мæсты ^кодта Радиты Дудармæ, Шæлæты хуызæн цæстфæлдахæгыл йæ арм кæй дары, уый тых- хæй. — Уæ хорзæхæй, цæй æвдæлон бадт кæнут? — къа- хæджы фарст сæ акодта Мæрзойы фырт. — Хæдзархæлд фæуæд партийы обкомы ног свкре- тарь Мæрзойы фырт, махæн нæ минас чи фехæлдта. Нæ районмæ, дам, фæзынд, гъемæ нæ нæ сæрдар Радиты Дудар районы -фæндæгтыл хъузæттæй æрывæрдта. Хъахъхъæнæм æй. Уый иу ран фæзыны, мах — иннæ ран. Æм.æ, кæй зæгъын хъæуы, уый машинæйыл тæ- хы, мах — бидаркæйы. — Æмæ цæмæн бахъуыди афтæ ахсджиагæй, уыцы Мæрзойы фырт. — Æнæуи нозт нæ хъуыры нæ хизы! — хинхудт ба- кодта Шæлæт. — Райæххæсткомы сæрдар Радиты Ду- дары фæндон æххæст кæнæм. Районы уæз уый уæхс- джытыл æнцайы, районмæ фæндæгтæ та æмхуызон лæгъз не сты. Ис дзы дæрзæг æмæ дзыхъхъытæ дæр. Æмæ сæ рагацау дзыхы ныхасæй уæддæр куынæ алæгъз <кæнæм, уæд, дам, уыцы Мæрзойы фырт нырма ног кусæг у æмæ ногцъылын та мæрзаг у. Фæхæрам уыдзæн æмæ хицауы фыдæх та хуыцауы фыдæхæй карздæр у. Ноджы нæ районы цауддæр колхозтæй иуы сæрдары хæдзар фехæлæд. Паддзахадмæ хордæттыны хъуыддаджы цыдæр дæлгоммæ митæ акодта, фæлæ йæ дзыхыл хæцын нæ бафæрæзта, расыгæй йæхицæй æп- пæлыныл схæцыдис кæмæндæрты, æмæ нæ зоныс ныры адæмы? Хицæутты хъусы йæ бацагътой. Тæссаг у, фæрсырдыгæй дзы маст -куы ’рхауа канд Радиты Ду- дармæ нæ, фæлæ мæнæн мæхимæ дæр. — Æмæ дзы ды æмæ Дудар та цы аххосджын стут? Стæй цавæр дæлгоммæ митæ бакæнæн ис, уæлдайдæр хордæттыньг хъуыддаджы? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр кæд æй радтаиккат, уæддæр умæлæй, — къахæджы фарст æй акодта Мæрзойы фырт. 363
— Чи сæрра ис умæл хор райсыныл. Уыцы куыст дæр .менæзонгæ нæу. Уым дæр акуыстон. Зонын, цы дæлгоммæ митæ дзы фæкæнынц, уый. Зæгъæм, загот- зернойы кусæгæн й,æ бон у æмæ раджы рагацау рад- та колхозæн квитанцитæ (кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй йын йæхи дæр арæвдауынц, цыма паддзахад- мæ хордæттыны план ахицæн ^кодта хæрз цыбыр рæс- тæгмæ. Ахæм гæххæтты руаджы фæстæзад колхоз ба- мидæг вæййы раззагонты æмрæнхъ æмæ сæ’фæстийæ дæр фæуадзы. Фæлæ цæмæй заготзернойы кусæг сай- ды бынаты ма баззайа, уый тыххæй <колхозы сæрдар радты мыхуырæй фидаргонд гæххæтт, заготзернонæ æцæг хор цас дары, уый тыххæй. Æмæ уый фæстæ са- быргай йæ хæс фидын райдайы. Ацы аз, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ хорз сæвæрдтой æфсæнвæндаджы куыст, рæвдз аластой элеваторты хор æмæ сын бирæ тоннтæ фæцух. Бæстæ фæдис систой тæрхондоны æмæ прокуратурæйы кусджытæ æмæ ахæм колхозтæ цæмæй æнæазымæй баззайой, уый тыххæй фæдисæй ласынц хор эл’еватортæм. Тæссаг у, Мæрзойы фырты хъусты дæр æй исчи куы бацæгъда, уымæй. Бирæ ис адæмæй нырма æдзæстуарзонтæ æмæ дзæгъæлдзыхтæ. Стыр фæндагыл æрбацæйтахт Мæрзойы фырты машинæ. Шофыр дардмæ базыдта йæ хицауы æмæ машинæ фæурæдта. Бацыд суадоны цур бадджытæм. Арфæ сын ракодта, стæй Аслæнбегæн загъта: — Æмбал Мæрзойы фырт, машинæ рæвдз у. Кæрæфбег æмæ Шæлæт цавддурты хуызæн фесты. Ныр Мæрзойы фырт бады райæххæсткомы техникон секретары -кабинеты æмæ, Дудармæ æнхъæлмæ кæсгæ- йæ, йæ цæстытыл уайынц, ацы бонты дæргъы Фарны ра- йоны цы адæмтимæ сæмбæлд æмæ ныхас кодта, уыдон. Райæххæсткомы дуарæй æрбакаст, асæй рæстæмбис чи у, ахæм сылгоймаг сау дарæсы. — Фари, — йæ бынатæй йын фестад Мысост æмæ йыл бацин кодта. Стæй Хабары фырты хъусы бадзырд- та уый Уырымты Фари у, — зæгъгæ. Мæрзойы фырт æмæ Аслан Фарийы цæсгомæй нæ зыдтой æмæ йæм цымыдисæй бакастысты. 1—Дæ бон хорз, мæ къона, — раарфæ кодта Фари 364
Ирæй^й, — Не ’лдар, æвæццæгæн, цæугæ дæр нæма ’рбакодта? Æниу цы тагъд кæна, райсом дæр ацы мæ- йæ у. — Тыхсгæ ма кæн, Фари, тагъд фæзындзæн, — зæр- дæ йын бавæрдта Ирæ. — Мауал фæзынæд! Цавддур фæуæд. Бюны рухс ыл батар уæд! Адæмы цæсты сындз фестæд, æндæр ын цы зæгъон, — йæ зæрдæйы тыппыртæ калынмæ фæцис Фари. — Цæуыл афтæ тынг мæсты дæ, нæ мады хай? — афарста Фарийы Хабары фырт, уæвгæ фæсаууонмæ зыдта Фарийы хабар. Горæты йын æй загътой. — йæ зæрдæйы дзæбæхæн, .æвæццæгæн! — бакодта Ирæ, Фарийы мæсты хабар зонгæйæ. — Куыд нæ мæсты кæнон, хорз адæм? Мæ хъæдго- . мыл мын поджы цæхх куы байзæрста, уæд? — Фари ис- дуг фæхъус. Судзаг хал ын ахгæдта йæ хурхы уадындз- тæ æмæ сдзурын йæ бон нал баци, йæ сæрбæттæны кæ- ронæй асæрфта, йæ цола рустыл цы ставд цæссыгтæ æруади, уыдон æмæ дардæй райдыдта йæ даргъ царды истори дзурын: — Мæ сæры хицау революцийæн йæхи нывондæи æр- хаста. Мæ иунæг хъæбулы та мын гитлеронтæ амард- той, — ’маст схавдцæ ис йæ хъуырмæ, хурхы уадындзтæ ахгæдта æмæ исдуг дзурын нал бафæрæзта. Джихæй аззадысты адæм дæр. Тыхæй ныуурæдта йæ кæуын, ставд цæссыгтæ та æртылдысты рустыл æмæ та æрæ- джиау йæ ныхас кодта дарддæр: — Мæхæдæг хæсты азты рæстæг нæ хынцгæйæ куыс- тон. Уæдæ ныр дæр фæстæдæр никæмæй дæн. Мæнæ Мы- сост æвдисæн. Мæ хъæбулы тыххæй пенси истон. Æхцайы мæт мæ нæй, фæлæ мæ зæрдæйæн æхсызгон уыди паддзаха- ды рæвдыд. Æмæ сæм ам нæ кæсыс уыцы хъуынахор- тæм... Бавдæлдысты æмæ мын мæ пенси нал фидынц. Иу хатт сæм æрбацыдтæн фистæгæй, фæрсын сæ: куыд? Цы? Цæмæн афтæ бакодтат? Сæ гæххæттытæ рафæл- , дах-бафæлдах кæнынц. Собисæй финотделмæ æртæ мæ- йы хицæн фæндаг скодтон. Фæлæ мæ хъуыддагæн кæ- рон нæй. 365
— Æмæ Цъæмæлы фырты нæ федтай? — афарста йа* Ирæ. — Йæхи, Битъыры хъазау, радав-бадав кæны Цъæ- мæлы фырт, мæ мæтæй мæлы, раст... Уый фæстæ, ма^ хуртæ, мæ хъаст не ’лдармæ бахастон, — Дудары каби- неты ’рдæм ацамыдта къухæй, — уый йæ, зæгъын, куын- нæ равзардзæн, нæхионимæ революцийы рæстæг иумæ куыстой. Æмæ куыд æнхъæл стут? Куыд æй равзæрста? Хус ныхæстæй мын зæрдæтæ авæрдта, — йæ ронæй райста къухты кæлмæрзæны тыхтон, райхæлдта пæ æмæ цавæрдæр гæххæттытæ Асланмæ бадаргъ кодта— ама, дæ нывонд фон, мæнæ ацы дыууæ гæххæттæй кæ- цы у, уый фен; хъæрæй йæ бакæс, мæ хъæбул, уадз æмæ йæ зоной уыцы саузæрдæ бирæгъы... «Уырымты Ладемырмæ», — йæхицæн кæсæгау рай- дыдта Аслан. — Цы? — фестьæлфыд Мысост. — Уый мæ иунæг хъæбул уыди. Дадæгон зæххыл ны- гæд æрцыд, — бамбарын кодта Фари адæмæн. «Пенси дын афоныл фыст кæй нæ цæуы, — касти дарддæр Аслан, — уый тыххæй дын дæ куырдиатæн дзуапп лæвæрдта райсобесы хицау Цъæмæлты Шæлæт, цæмæй райæххæсткоммæ фæзындаис ног къамисы ацæ- уынмæ...» — Уастæн уыйау фæуæд, уый мæрдтæй ч.и цæуын кæиы, — йæ тæригъæд та схъардта Фари. «...Уый уыди æртæ мæйы размæ, фæлæ ды нæ фæ- зындтæ, уымæ гæсгæ дын пенси фыст нал цæудзæн». Райæххæсткомы сæрдар Радиты Дудар». —Куыд нæ йын калон уæд .а’лывыд, хорз адæм? Цæ- мæн дзы байрох, хицауад ын мах кæй радтам йæ къух- мæ, уый, — ныхас та йæхимæ айста Фари. — йæзæрдæ сзокъо ис. Цæмæй хуыздæр у Дудар Цъæмæлы фыр- тæй? Гæбæр бæх гæбæр бæхы ныхы. Ацы гæххæттæн йæ копи’ систон æмæ йæ обкоммæ арвыстон, стæй газет- мæ дæр... Уадз æмæ æгас Ирыстоныл дæр айхъуыса йæ «хорзы» кой. — Уаримæ уыдтæ? Ам ис. Цом, бахæццæ дæкæнон уымæ, -— загъта Аслан. т- Уарийы фæхъхъау фод... Уый раст адæймаг у. 366
Фæлæ ацы бирукрат йæ амондæн ам нæ фæци, — бав- зыста къухæй Фари æмæ Асланы разæй ахызт æттæмæ. Кабинеты ма цы адæм баззад, уыдон исдуг æнæдзур- гæйæ, аззадысты. Бирæтæм дзы арф бахъардта Уырым- ты Фарийы зæрдæхалæн ныхас Бирæтæ дзы смæсты Дудар æмæ Шæлæтмæ. Бирæтæ та, дæрзæг ныхæстæ куы скæной, уымæй тæрсгæйæ, сæхи æттæмæ айстой. Аив нæу æнæзонгæ адæмы цур искæйы æлгъитын, зæгъ- гæ. Стæй æнæуи дæр Ирæйы чысыл кабинеты сулæфæн иал уьгди. — Дыууадæс сахаты у ныр. Æвæццæгæн, абон нал уыдзæн? — Ирæйы афарста Мæрзойы фырт. — Телефонæй дзырдта, уыдзынæн, зæгъгæ, — бамба- рын кодта Ирæ. 2 Радийы фырт куы фæзынд йæ куыстмæ, уæд æм рай- сомæй нырмæ цы адæм æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн арфæ дæр нæ ракодта, афтæмæй йæ кабинеты дуар байгом кæнгæйæ, Ирæйы афарста: — Цъæмæлы фырт ам и, æви нæ? — «Къостайы» колхозмæ дзырдтон æмæ уым нæ ра- зынд, кæд быдырмæ ацыд, æмæ куы фæзына, уæд... — Æз куы-куы-тæ йедтæн ницы зоиын! — Ирæйы ны- хас фескъуынгæйæ, фæхъæр кодта Дудар. — Фæзына, æви нæ фæзына, мæ хъуыддаг нæу. Æз дын загътон ссар æй, уæд уæларвмæ атахт, æ^ви авд дæлзæх ныххауд- та, ссарын æй хъæуы, — • æмæ йæ кабинетмæ, дуар йæ фæдыл батъæпп кæнгæйæ, бацыд. Уайтагъддæр дзæнгæ^ рæджы хъæр райхъуыст. Ирæ рæвдз фестад æмæ Ду- дары кабинеты фæмидæг. Радийы фыртмæ æнхъæлмæ ч,и касти, уыдон та кæ- рæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой. «Дæ хорзæхæй, уæдæ Мæрзойы фырт кæм зæххы скъуыды ныххаудта. Районы колхозтыл æмбис зылд фæдæн, фæлæ йæ кой, йæ хъæр дæр нæй», —хъуыдыты аныгъуылди Дудар. Телефон когæй дзæнгæрæг радта. Дудар-иу трубкæ систа, байхъуыста йæ?л, стæй та иннæмæ. Æмæ та уый 367 -
дæр куы нæ разынд,~уæд стъолыл æвæрд хъуытаз фел- вæста, бацæгъдынмæ йæ хъавыд^ фæлæ Ирæ лæууыд йæ уæлхъус. — Марадз-ма, базон, кæцы телефоны уд та ехауы. — Цъæмæлы фырт дзуры! — бамбарын кодта Ирæ æмæ Дудармæ трубкæ "радта. — Цъæмæлы фырт дæ? Кæцæй дзурыс, кæ? УыЙ куыд у, уый, кæм фесæфтæ? Омæ дæ афæдзы балцы ар- выстон? Ныууадтæ, уæд фæстæмæ фездæхын хъæуы. Кæцæй дзурыс ныр? Дæхицæй. О, ард дæ хæдзары ба- цæуа, ардæм рацу, уæдæ ма телефонæй та цы дзурыс? Уьщы лæгыл дæ цæст никуы ’рхæцыд? Мæрзойы фыр- тæй, уæдæ 1кæмæй. Нæй, зæгъыс? Диссаг... — Дудар æрæвæрдта трубкæ. — Мысоет дæм райеомæй нырмæ æнхъæлмæ кæсы,— загъта Ирæ. — Мысост нæ, фæлæ кæд Уастырджи у, уæддæр... Цавæр Мысост у, цæ? — «Размæйы» колхозы еæрдар... — Омæ дын цал хатты загътон Мысостæн райæххæст- комы æппæт дуæрттæ дæр гом сты, зæгъгæ. Марадззæгъ ын æмæ дзы хатыр ракур. — Æмæ йæ рæзты куы ’рбацыдтæ, — сбустæ кодта Ирæ. Дуар ,мæсты хост бакæнгæйæ, хылгæнгæ, бахызт мидæмæ Мысост: — Дунейы хатырæй, ай цы хабар у? Нæ фæллæйттæ быдыры фæдис хъæр кæнынц, нæ къухтæм æмхасæнтæ кæнæм, æз та ам диваныл мæ фæллад уадзын. — Дæ маст та дæ разæй куы ’рбахастай... — йæ бы- патæй сыстгæйæ, æмæ йæ размæ рацæугæйæ, хъазгæйæ, бауайдзæф кодта Дудар. ^ — Куыд нæ йæ хæссон: æхсæвыцъæхæй мæ ам æр- балæууьгн кодтай, дæхæдæг стыр фæссихортæм кæм дæ, уый бæрæг нæй! —Гъе, уый та дын зæронд хæлар. Цæй, куыд цæрыс? Дæ бакастæн ницы у! — Мыоосты уайдзæфтæ хъазыны ’рдæм аздахынмæ хъавыдис Дудар. — О, мæнæн ницы у, фæлæ дæуæн дæ дыууæ русы фæхуынчъытæ кæыынц. Гъе, уый зæгъынмæ мæм фæ- 368
сидтæ? Дугьы мæ рауагътай колхозæй районмæ. Цæй фæдис та дын у? — Фæдис нæ, фæлæ æхсызгон хъуыддаг у, æхсыз- гон. — Мысостмæ æввахсдæр бабадгæйæ, бамбарыи кодта Дудар, — Ныртæ’ккæ æхсызгои хъуыддæгтæ быдыры сты. —Хъуыддæгтæй æхсызгондæр кæцы у, уый æмбарын хьæуы. — Дунейы хатыр бакæн, тагъддæр V. — Дæ хорзæхæй, како сындзытыл бадыс, æви? — Мæ уд сисынмæ дæр мæ не ’вдæлы, Дудар, зæгъ- гæ, дын куы загътон. — Хьусгæ кæн, уæдæ, мæ хæлар. Хæдзардзин лæгау, дæ цæст тагъд ахæсс дæ колхозыл. Барæвдз кæнут хид- тæ, алæгъздæр кæнут фæндæгтæ. Иу уæлдай змæлæг дæр хъæуы куыд нæ уа, афтæ. Бухгалтеры дæр йæ хара-хура- тимæ арвит быдырмæ. Дæхæдæг æрсадз де ’ппæт хæп- зиуджытæ, стæй дæхи дæр бæрæгбоны арæзт скæн, раз- заг колхозы сæрдарæн куыд æмбæлы, афтæ. Арысханы дæр бафæдзæхстоп, уый дæ зæрдыл дар. — Куыд дæ бамбæрстон, афтæмæй стыр кæмæдæр æнхьæлмæ кæсыс? — Уæдæ цы? — Мæнæ дæ кабипеты дзаумæттыл дæр мидæггаг иог дарæс уымæп скодтай? —Культурæ; мæ хæлар, культурæ! — Мысосты уæхск æрхоста Дудар, — Гъе, уый хæлар у, хæлар æнæ исты зæгъгæйæ, адæймаджы хъуыдытæ чи ’мбары. Мæ кол- хозты сæрдартæ иууылдæр ахæмтæ куы уаиккой, уæд сын цы хьæуы, радиойæ сыл командæ кæнин æмæ хъуыд- дæгтæ рæвдз цæуиккой. Обкомы ног секретарь Мæрзо- йы фырт нæ райоиы ис. Дæумæ йæ арвитынмæ хъавын. Бамбарстай? — Æллæх, — мæстæймарæгау, фæкодта Мысост, -- афоныл мын æй фехъусын кодтай. — Цы? Уыди уым? — фестъæлфыд Дудар. — Гъæй- гьæй-гъа^й! Æгуыдзæгдзинад! — Ахæм хъуыддагæй ма спайда кæн. Цæй хæлар ис дæуæй мæнæн, — къахгæмхасæн фæкодта Мысост. —Ныббаринаг нæу! Районы кадыл иу асмушкæ уæд- 24* 369
дæр бафтыдтаиккам. Цæй, дзæгъæлы фесты мæ фæнд- тæ. Мæрзойы фырт ног адæймаг у, район нæма зоны æмæ йæ, зæгъып, дæумæ, раззаг колхозмæ арвитдзынæн. Гъы æмæ куыд, тынг карз у? — Тъæнджы мæйæ фыддæр. Йæ ныхас кардау кæр- ды. йæ цæст дыл куыннæ ’рхæца, афтæ. — атыдта Мы- состы масты дзæкъул. — Тынгдæр цæуыл мæсты кодта? — Уый, даод, куыд у, уый, мæ хæлæрттæ, ахæм хъа- руджын район æмæ, дам, уæ сæрдары кабинеты хуызæ- ’нæн дидлнджытæ дæр куы нæ ис. Ноджьг, дам, æнæ га- уызтæ... — Мысост йæ цæст ахаста кабинеты къултыл, гауызтыл.—Стæй, дам, йæ репродуктор фæстаг рауагъ- дæй пæу. Гъемæ куы райдыдта æппæт хъæндзинæдтыл дзурын, Радийы фырты хуызæн сæрдар, дам, æнæхъæн республикæйы дæр иæй, уæд, дам, цæуылнæ сты йæ ка- бинеты дуæрттæ зæронд тулдз бæласæй фидар æхгæд, цæмæй, дам, æм иу адæймаг дæр макуы баирвæза. Йæ дзæнгæрæг дæр, дам, мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Уый, дам, дарып хъæуы аргьуаны стыр дзæнгæрæджы хуызæн, йæ фæдисы цагъд æнæхъæы районыл куыд хъуыса. — Æндæр ма? — Мысосты мæстæймарæп ныхæстæ фембаргæйæ, æмæ йæхи тыхæй уромгæйæ, бафарста Ду- дар. — Кæнæ, дам, йæ бадæн цъæтджыи цæуылнæ у, æр- бадгæйæ схау-æрхау чи ^кæна! Стæй ма_цы загъта, уый зоныс? Нарзан, дам, ын фылдæр дарут, нарзан, газ би- рæ кæм уа, ахæм. Уадз æмæ, дам, йæ мидбынат фæйнæ- рдæм нæрса. Гъе, уæу-уау, гъе, Дудар, уый дæсин куы фелвæст æмæ счепп-счеппкæнын куы райдыдтай. Кæд- дæрта, колхозы сæрдар уæвгæйæ, сыгъдæг симд кодтай. Кад дæм йæхæдæг цыд, ныр та йæ йæ къæдзилæй ахсыс! — Къæдзилæй, æви барцæй, уый дæ хъуыддаг нæу!— стъол къухæй нытъæпп ласгæйæ, фæхъæр кодта Дудар.— Дæ фындзы быпæй дарддæр куы ницы уыныс, уæд кæ- мæн а?лоныс зонд?! Æви афтæ æнхъæл дæ льшæнтæ стæм æмæ дын алы хатт дæр баргæ кæпдзынæн? Æз... — Æз, æз кæныс, фæлæ цæттæ бюрократæй кæй агæпп кэдтай, хъуына дыл кæй схæцыд, уый бамбарын нæ фæразыс. Акæс-ма, дæлæ дуармæ, цас адæм дæм 370
стнхъæлмæ кæсы. Се ’хсызгон,хъуыддæгты ныууадзынц азмæ ам бон изæрмæ дæумæ æнхъæлмæ кæсынц. К.æнæ нæ районы раззагдæр звеновод Уырымты Фарийы хъыг дойнаг дурмæ дæр бахъардтаид... — Фарийы тыххæй кæмæн цы ’мбæлд, уый бакодтон. — Уый дæумæ афтæ кæсы, цыма алы хатт дæр цы ’мбæлы, уый фæкæныс, фæлæ мæнæ ам, телефонты аппа- ратты ’хсæн, кæй ныббырыдтæ æмæ кæм цы цæстфæл- дахджытæ ис, уыдон дæ дæлбазыр сæхицæн хъарм ахс- дæттæ кæй скодтой, уый нал уыиыс. Гъæ, мачи дæ бай- райа! — йæ кæддæры хæлармæ тæригъæддаджы цæетæй бакаст Мысост. Уый нæ федта, Цъæмæлы фырт Дудары кабинетмæ куыд æрбацыд, уый. — Ахъуыды кæн! Ца- лынмæ дыи æгæр нæ байрæджы, уæдмæ! Сæрсæфæнмæ фæцæуыс æмæ дзы асхъиудзынæ! — Æгъгъæд! — Шæлæты ауынгæйæ, ноджы тынгдæр фæхъæр кодта Дудар! — Уæдæ, хорзæй баззай! — Ма дæ-иу ферох уæд, цы дын бафæдзæхстон, уый, — Уый мæ нæ ферох уыдзæн, фæлæ дын æз кæй загътон, уыдон дæр дæ зæрдыл дар. Науæд æппæты фыццаг дæ ныхмæ чи сдзурдзæн карзæй, уый мæхæдæг, —бартхьирæн кодта Мысост æмæ Шæлæты кæд ауыдта, уæддæр ьш салам нал радта, афтæмæй феттæдуар ка- бинетæй. — Дæ хорзæхæй, цы йæ хъæуы, æви нæ зоны иу хъузджы дыууæ гуырдзы мæ фидауы, — Дудары хъæд- гом (фæщагайынмæ хъавыд Шæлæт. — Хъуыды дæр æн ма кæн, нæ йæ зоныс, суцца адæймаг у æмæ йæ тæвд куы ’рысыса, уæд йæ джиппы абаддзæи. — Хуыцауы дзыхæй рацæуæд, Дудар, фæлæ райко- мы къамисы уæнг кæй у, уый дæ рох ма уæд. — Цавæр къамис? — Райæххæсткомы куысты бæрæггæнæг къамис. ■— Чи сарæзта къамис? Æз æй цæуылпæ зонын? — поджы карздæрæй бафарста Дудар. — Кæй йæ нæ зоныс, уып хуыздæр. Уари. — Уари? 371
— Дзæгъæлы фæбыцæу дæ Мысостимæ дæр... Къами- сы уæнг у... — Ахæм къамиотæ! Æмæ мып цы хъомыл сты?! Цы сæ бон у? Цы мæм ссардзысты? Уымæй ницы тас у, стæй æнæуи дæр мæ хæлар у Мысост. —Арвистоны’ цæвæг марæджы нал фæзоны... Уым дзæгъæл хæлæрттæ нæй. — Æз сæ кæрæдзи’ сæрты схауын кæндзынæн! — бартхъирæн кодта Дудар. — Хъæмпын чарт бирæ нæ хæссы. Мæнмæ ахæм уы- наффæ ис æмæ йын йæ колхозмæ къамис арвитæм. — Къамис та цæмæн, ты кодта? — Цы кодта, зæгъгæ, дын куы зæгъон, уæд Æхсары фыртыл бирæ хахуыр ныхас кæнынц. — Æмæ сæ нырмæ цæуылнæ загьтай? «Уæлахизы» колхозонты ардауы Арысханы ныхмæ. Иæхи колхозонты æттæг-мидæг ауайын кодта. Æнцо- нæй бирæ фæллойбонтæ бакусæн кæм ис, уырдæм фер- виты йæ хæстæджыты. Рæстæмбис нымадæй алы гекта- рæй дæр хор бавдыста авд центнеры фылдæр. Социа- листон фæллойады Геройы ном æй хъæуы. Критикæнæ уарзы, йæ рæдыды кой скæнын никæмæн уадзы. Зилгæ- доны тъæпæн бакæныиы амидингæнджытæй уыд иу. Уым та цы нартхор æрзад, уый областæн дæр бæрæг у. Цы- быр дзырдæй, уыдон сеппæт афтæ æицон раззаргæ не сты, фæлæ сæм арвитæм къамис. ■ — Къамис, районы раззагдæр колхозмæ? Нæ, уый хорз нæу. — Дæхи куыд фæнды, афтæ. Фæлæ дæ мæнæ рай- комы къамис дæ куыстæй куы фæрса, кæнæ Мысосты колхозы уавæры тыххæй, уæд сын-иу дзуапп дæхæдæг радт. — Омæ, уæд та хорз. Арвитдзыиæн сæм къамис, дæу та йын сæргълæууæг скæндзынæн. Сæйрагдæр сбæрæг кæндзыкæ, хор æцæг фæфылдæр кодта, æви нæ. Сыр- хауты Хæсанæйы куыст дæр сбæрæг кæн, йæ фыд дзы æдзухдæр хъаст <кæны. Стæй афтæ гæнæн’дæр нæй æмæ фыд колхозы сæрдар уа, фырт та — парторганизаии- йы( секретарь. — Уый мæ бар уадз. Нæ район нын сæзмæстой. Хъуыд- 372
;гаг сæ уа, нæ, сæ хæдзар фехæла, алы ран дæр сæ фындз тъыссынц, — Гъемæ сын сæ фындз бакъуырын хъæуы. Æвæстиа- тæй сыл æрмæг. — Уый мæ бЫгъдуан. — Цæугæ! Телефон дзæнгæрæг радта. Дудар систа трубкæ. — Хъусын. Чи? Гъемæ дæ хъуыддаг раст. Дæ мæрд- гыстæн, дæу куыд фæнды? Дæхицæн ног закъоитæ ара- зыс? Абон аст сахатмæ сводкæтæ цæуылнæ сæмбæлын кодтай? Цы? Телефон нæ куыста? Уыцы ныхæстæ дæ фыды мадæн кæн!.. Дæ бæрзæйыл дыууæ карз æфхæрд кæй ис, уый дæ рох ма уæд[ Цы? О, æмæ дын кæд уыдон æгъгъæд не сты, уæд ма дæм дзы æз фæкæсдзынæн. О, æз, æз! Райæххæсткомы сæрдар æз дæн, æз! Уый мæ хъуыддаг нæу! Мæн сводкæтæ хъæуы! Цы? Цы? Арфæ- тæ дын куыннæ кæнон, мæ район мын кæй худинаг кæ- ныс, уый тыххæй. Цæй, цæй, колхозы сæрдар, коммæ куы нæ кæсай, уæд дæ сæрдар нæ, фæлæ æз хуыгæс ар- витдзынæн. Цы? Мемæ кусæн нæй?! Æз дæ скусын кæн- дзынæн! Агроном дæ, æз дын уымæ нæ фæкæсдзынæн. Чифæнды дæ æвзарæд! Цæй, мæн дзæгъæл дзырдмæ -не ’вдæлы! Амбæ!!!— телефоны трубкæ æртъæпп кодта аппаратыл. Фæзыпд Ирæ æмæ йын бамбарын кодта, зæгъгæ, дæ Уари агуырдта, стæй дæм райсомæй нырмæ æнхъæлмæ кæсы обяасты газеты уацхæссæг Хабары фырт æмæ Годзекка. — Чи уацхæссæг? — цыма æнæрхъуыдыйæ, зынгыл аныдзæвд, уыйау фестъæлфыд Дудар йæ мидбынат. — Æмæ иыры уонг къуытты уыдтæ, цæуылпæ мын загътай? Тагьд æй æрбауадз æмæ дзы хатыр ракур! Зæгъ Го- дзеккайæн дæр. Ирæйы ацыды фæстæ та телефоны дзæнгæрæг фе- хъуыст. Дудар трубкæ систа фæлмасæй. Фæлæ куы ба- зыдта, горæтæй йæм дзурынц, уый, уæд цæхгæр фæзылд аппараты ’рдæм æмæ йæ фæлмаст генгасыл цыма хуры тынтæ аныдзæвдысты, уыйау фæрухсдæр йæ цæсгом æмæ хъæлдзæгæй райдыдта ныхас кæнын: — Дæ бон хорз, дæ бон. Дæ хъæлæсæй цæ уайтагьд- дæр базыдтон. Бузныг. Почтæ, почтæ! — телефоны труб- 373
кæйы мæсты хъæр кодта Дудар.—О, о! Æз дæн, æз! — тёлефоны аппараты ’рдæм фездæхт Дудар. — Уый та цы хоныс, цæуыл хъуамæ худа мæ зæрдæ? Абоны газет зæгьыс? Нæма, нæма æрбахæццæ. Хорз, хорз. Бузныг! — Дудар трубкæ сабыргай уæздаи æры- вæрдта. Дуарæй куыддæр æрбахыэт Аслан, афтæ йын Дудар йæ бынатæй фестад æмæ йын зæрдиагæй йæ къух райс- та. Бамбарын ын кодта, ныртæккæ сæ редакторимæ кæй ныхао кодта1 телефонæй, уый. — Нæ редактор? — фæцымыдис Аслан. — Рагæй зонæм кæрæдзи, хæлæрттæ стæм. Сау ден- джьпы иумæ бирæ фæленк кодтам. Йæ мард æй бахæ- ра, ленк кæнынмæ Терчы кæсагæй уæлдай нæу. — Сæ- рыстырæй райдыдта Дудар ныхас кæнын. — Нæ реда!ктор Мæскуыйы и<с. Ды, æвæццæгæн, йæ хæдивæгимæ дзырдтай, — бамбарын ын кодта Аслаи. — И, Мæскуыйы? — ферхæцыд Асланы ныхасæй Дудар. — Уайтагъддæр ыл мæ зæрдæ фæкъæпп кодта, фæлæ мæм аив нæ фæкаст йæ афæрсын. Гъæ... Цæй, куыд у дæ цард? Куыд дæм кæсы нæ район? — Дыргъ бæлæсты бын фæцис уæ район. Уæлдæф — рог æмæ сыгъдæг. Уæдмæ кабинетмæ бацыд Годзекка æмæ сæДудар базонгæ кодта Хабары фыртимæ. — Дунейы чи-нгуытæ дæм ис, —’ фæкомкоммæ Хаба- ры фырт этажеркæйы æмæ стъолы сæр цы чипгуытæ уы- ди, уыдонмæ.—Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ хид калыс. — Уæдæ, теори, ме ’фсымæры хай, теори, æнæуи адæймаг куырмæй уæлдай нæу. Куырмæн та дугъы уа- йæн нæй. Гъе æмæ зæронд лæг æхсæвæй-бэнæй ныр дыккаг аз йæхиуыл нал ауæрды, Зонд æмбырд кæны зæронды ’рдæм. — Иу хъуыддаджы тыххæй дæм фæрсынмæ æрбауад- тæн. — Хуыздæр фæу, гъе, уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Науæд нæм дæ размæ цы уацхæссæг куыста, уый-иу æфсоны фарст дæр никуы никæй акодта. т- Редакцийы фæдзæхстмæ гæсгæхъуамæ очеркныф- 374
фыссон «Раамæйы» колхозы сæрдар Æхсараты Мысосты тыххæй. Куыд у дæумæ гæсгæ та? — Мысост, зæгъыс? Æ-м-м-æ-гъа! Кæддæр хорз уы- дис, кад æм йæхæдæг цыд, ныр та кад къæдзилæй æр- цахсынмæ хъавы æмæ нæ зонын, — куыддæр æзæндонæй сдзырдта Дудар. -- Хæсты размæ дæр сæрдарæй куыста. Ныр дæр. Йæ колхоз — миллионер. — Уый бæргæ зонын, мæ хæлар, фæлæ «æз», «æз» кæны. Йæхиуыл фервæссыд, стæй критикæйæ йæ сæфт федта. — Уый æвзæр хъуыддаг у, — хъыг зæрдæйæ загъ- та Аслан. — Иæ уд сцæйхауы, гыццыл æм куы фæныхилай, уæд, стæй искæйы хъæитæ зæгъын дæр нæ уæнды. Тæрхъу- сæй дæр тæппуддæр у. Æз ын мæхæдæг цал хатты дзырдтон: мæ хъæнтæ мын, зæгъын, æргом кæн, феххуыс мын уыдзынæ. Æнæ критикæйæ, зæгъын, цæрæн нæй. Æмæ куыд æнхъæл дæ, уæнды? Раст мæнæ æвзæр оцани бæхæн уæлдай нæу. — Рагæй а’фтæ у? — афарста Аслан. — Афтæ бæргæ нæ уыд, фæлæ йæхиуыл нæ кусы, тео- ри нæ ахуыр кæны. Афтæ æнхъæл у æмæ мæнæн æнцон у мæпæ ацы чингуытæ кæсын. Уæллæй, хаттæй-хатт мæ сæр сдон вæййы, фæлæ уæддæр æхсæв чиныг куы нæ акæсон, уæд мæ хуыссæг нæ ахсы. — Ахæмтæ ма бирæ ис, — бафиппайдта Аслан, — цалынмæ чиныгмæ æркæсынц, уæдмæ сыл хуыссæг нæ фæхæцы. Фæлæ куыддæр чиныг райсыиц, афтæ атæгæл вæййынц. Асланы ныхас худæг фæкаст Дудармæ æмæ йыл хъæлæсы дзаг ныккæл-кæл кодта. — Цæй, афтæ баныхас кæнæм: хъæууонхæдзарады хайады хицауы фен æмæ дын уый бæлвырддæр бамба- пын кæндзæн хъуыддаг. — Хорз. Нал дæ хъыгдарын, —йæ быпатæй сыстад Аслан. Дудар Асланæй куы фæхицæн, уæд хинæйдзаг каст ба1кодта Годзеккамæ: — Агитапи кæнынмæ та мæм æрбацыдтæ? Сымах, 375
уæ бонæй ут! Уæ зæрдæйы дзæбæхæн чингуытæ кæсут. Мæн чингуытæм не ’вдæлы — мæн коммунизм аразын хъæуы! — Омæ, Дудар, коммунизммæ ахæм фæндæгтыл нæ бацæудзынæ, — чиныг райста æмæ йын йæ рыг цъарыл къæдз-мæдзытæ хахх акодта. — Дæхæдæг куы загътай, æнахуыргонд адæймаг куырмæй уæлдай нæу. — Загътон. Теори фæндагамонæг у, фæлæ ма дзы революцион æмбудындзинад дæр хъæуы. Мæнæ мæнмæ нæ кæсыс. Æз практикон кусæг дæн æмæ мын фило- софтæ та мæ практикæйыл замананы теоритæ фыс- сынц. — Раст дæ цыма ивгæ бачынд. Дæхи хуызæн нал дæ. — Диалектикæ, мæ хур, диалектикæ—алцыдæрив- гæ цæуы! Гъæ, уæ бонæй уат, чиныгхъустæ! Æз ам чи- ныгуытæ кæсыныл куы сцалх уон, уæд хуым та чи ба- кæндзæн, похци чи баласдзæн, культиваци, рувгæ? Цæвджытæ сæхæдæг хос нæ кæрдынц, комбайнтæ дæр мæнæу не ’фснайынц. — Раст зæгъыс, Дудар, фæлæ фарон партийы исто- ри йæхæдæг чи ахуыр кодта, райком дæ уыдонимæ ны- мадта. Афæдзы дæргъы ницы сахуыр кодтай. — Фарон? Æмæ цавæр аз уыд, уый нæ федтай. Æнæхъæн аз арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хостой. Цæй, цу, цу! Изæры нæхимæ аныхас кæндзыстæм... — Ныр та ацы аз дæр, — уисæн пæ кодта Годзекка. — Цæй, ауай, ауай, истытæ сыи-иу адзур: афтæ, зæгъ, ахуыр кæны, уфтæ, зæгъ. Мæн иыртæккæ чип- гуытæм æвдæлы? Мæнæ тагъд ног машинæ æрхъуыды • кæпдзыстæм. Кпопкæ æыгуылдзæй æрæлхъив æмæ къæвда уардзæн, иннæ кнопкæйыл æрхæц æма^ хур ра- кæсдзæн æмæ уæд чипгуытæ кæсын мæ бар уадз. — Хорз уаид, ноджы дæр ма иу машинæ куы ’рхъуы- ды кæниккат. Кнопкæйыл æрхæц æмæ чииыг йæхæдæг æрбацæудзæн, инпæйыл æрхæц æмæ чиныг каст фест- дзæн. Райкомæн дæр æй афтæ фехъусын кæндзыпæн, дæ иог машинæты хабар. Д^дар фæгæпп кодта, стъол нытътъæпп кæнгæйæ. 376
Тагъддæр, цæмæ ма кæсыс. Райкомæн нæ, фæлæ йæ газетæн дæр фехъусын кæн. — Уыдонæн æй мæ хъусын кæнын нæ хъæуы... — Уайгæ, ды дæр ма мыл иу доны къус бакал. Æр- бауæй мæ кæн æд хъуын, æд хъис. Ме ’рагъ мын куыд пыххойуой, уый дæ фæнды? — Æз дæр, гъе, ууыл тыхсын, æз... — Хуыздæр мын цæмæй бафидай мæ хæрзтæ? — Цæй, уæд та мын бауынаффæ кæн, цы зæгъон рай- комы? — Зæгъ сын æмæ м,æ рагъæныл æрцауындзæт... Гъе, мæгуыр, Дудар, дæ сæр цæмæ ’рхауд. Де ’фсымæры иунæг чызг дæр дыл йæ къæхтæй ахæцыд. Ау, исчи дæ де ’взагæй ласы, зæгъ сын архайы, зæгъ... — Гъеныр мæ куыд ардауыс мæнг ныхас кæныыыл?! — Уари дæ æрбарвыста? Уый-дзыхæй дзурыс. Æз Дудар ма уон, æз уын уæ фæндтæ уæ хъуыры куы нæ фæбадын кæнон. — Уарийы уынгæ дæр нæ фæкодтон, стæй, уый дзы- хæй цæмæн дзурон? Мæхиуыл сæр нæй? — Дыууæ тæнæг чиныджы бакастæ, дыууæ брошю- рæйы æмæ уымæй хъал дæ? — фырмæстæй цæхæртæ калдта Дудар. Дуар байгом æмæ мидæмæ бахызт Уари. Годзекка, цæхгæр фæзилгæйæ, феттæдуар ис. — Дудар, Шæлæт Дзабойы колхозмæ фидаргонд у. Æз куыд сбæрæг кодтон, афтæмæй колхоз паддзахад- мæ хор дæттыны пъланæй æмбис йедтæмæ нæма сæх- хæст кодта, мах та Министрты Советмæ рапорт рад- там, уæлдайджынтæй баххæст кодтой, зæгъгæ, Уæд уый куыд у? Кæй сайæм? Паддзахады? — Цы? Æмбис? Кæд рæдигæ фæкодтай, миййаг? — Дæхæдæг ныдздзур Дзабомæ. — Фæлæу уал, мæхæдæг æй сбæрæг кæнон. Æз сæ дыууæйæн дæр сæ уд сласдзынæн. Уый тыххæй мæ агуырдтай? — Дудар, нæ районы та тæккæ .хуыздæр звеновод чи у? Дудар Уарййы æнæнхъæлæджы фарст нæ бамбæрс- та, фæлæ йыл бахудт: 377
— Ха-ха-ха, Хестаны фырт, ахсынвæнд мæ скодтай? Нæ районы хуыздæр хъуг æхсыр цас дæтты афæдз, æз ма дын уый дæр зæгъдзынæн. Æртæ мин литры. — Хуыздæр звековод та чи у? — Мæ хъуыраны акæсон, — йæ риуы дзыппæй ца- вæрдæр книжкæ сласта æмæ йæм æркаст. — Нæ райо- ны хуыздæр звеновод у... у... номдзыд Фари-йæиунæг фырт Ладемыр хæсты фæмардис, мæгуыр. Кæд дæ фæнды, уæд Фарийæн ацы аз цал фæллойбоны ис, уый дæр дын зæгъдзынæн? — книжкæ рафæлдæхта Ду- дар, — 198 фæллойбоны. Ме уæны акастæн, æз сем дæн, сем. — Адæймагæн й,æ зæрдæ зонын хъæуы, йæ цин æмæ йæ маст æмæ уыдæттæ та дæ «хъуыраны» не сты. — Чи, æз нæ зонын адæмы зæрдæйы уаг? — О, ды! Дæхи дæр фæхудинаг «кодтай æм,æ мах дæр! Гъа, бакæс дæ «хъуыран», — гæххæтт мæсты æп- пæрст бакодта Дудармæ. Уый гæххæтт айста æмæ йæм æркаст, стæй фестъæлфыд. — Цы? Уырымты Ладемырмæ? Æмæ уый фронты куы фæмарди!.. — Хорзау нал фæцис Дудар æмæ исдуг гæххæттмæ джихæй каст. Уари Дудары къухтæй айс- та гæххæтт æмæ йæ фæрсын райдыдта. Каст куы фæ- ци, уæд- Дудармæ бакаст ахæм цæстытæй æмæ йæ цьь ма ныртæккæ аныхъхъуырынмæ хъавыди: — Гъе уый та дын дæ «хъуыран» æмæ дæхæдæг. Дудар иунæгæй цавддурау баззад. Æвиппайды Дудары кабинеты дуар фегом æмæ ми- дæмæ, лæф-лæфгæнгæ, сонт гæпп бакодта Шæлæт æмæ æррайау хъæр кодта, газет йæкъухытылдта, афтæмæй. — Ура! Ура! Ура! Дударæн ура! — Цы дыл æрцыд, цæуыл сæрра дæ?! — Дудары зæрцæйы æрхæпдæг цавæрдæр æнæзонгæ циндзинады атади. — Ура! Ура! Дударæн! — ногæй та ныхъхъæр код- та Шæлæт. —Æнæхæдзар фæу, зæгъ æй, цы хабар у?! — фæ- хъæр ыл кодта Дудар. — Хæрзæггурæггаг!!! Хæрзæггурæггаг!!! Стыр цины хъуыддаг! 378
— Цы хабар у, Шæлæт? Зæгъ æй тагъддæр! Рахæсс æй! Мæнæй дын хæрзæггурæггаг! — фæхъæлдзæгдæр Дудар. —Стыр статя дыл раскъæрдтой газеты, æппæлынц дæ’ Хæрзæггурæггаг мæн! Нæ фехъуыстон ма зæгъ. Мæхæ- дæг дæр æй нæма бакастæн, Салам мын загъта. Газет ын йæ къухтæй раскъæфтон æмæ ам æрбамидæг дæн, — Бузныг, мæ хæлар, бузныг, — Шæлæты къухтæй газет рæвдз райста Дудар. — Хæрзæггурæггаг, дæхи дзыхæй цы зæгъай, уый. — Гъеныр райкомы лсъамис, Уари дæр семæ, афтæ- мæй хахгæнгæ цæуæд. Сæ бæхджынтæ—уæле, сæ фис- тæджытæ — дæле. Дудар йæ цъæтджын бандонæй сыетад, бацыд ру- дзынджы цурмæ, йæ фæдыл ын бандон баскъæфта Шæ- лæт. Дудар бандоныл парахатæй æрбадт, дыккаджы та йæ къæхты ^хсæн бакодта æмæ йыл йе ’ставд цæнгтæй æрæнцой ’кодта, афтæмæй хъæрæй райдыдта кæсын: «Республикæйы тæккæ хуыздæр районтæй (йæ сæрдар Радиты Дудар)»... Гъе, хъусыс, тæккæ хуыздæр район- тæй, — йæ былтæ фæлмæн адауæгау кодта Дудар, нæ тагъд кодта газет бакæсыныл, фæндыд æй, цæмæй Шæ- лæты тынгдæр ецымыдис кæна. Стæй, сæрыстырæй æмæ хииæйдзаг худт бакæнгæйæ, райдыдта дарддæр кæ- сын... «иу уыди Фарны район. Фæлæ æгуыдзæгмæ æрцы- ди... Цы? цы? — фæбогъ кодта æвиппайды Дудар Æрбатары ис йæ чысыл раздæры циндзинад. Фырмæс- тæй здыйы хуызæн аисты йæ сырх уадултæ. Р1æ цæс- тытæй зынджы стъæлфæнтæ хаудта, фæлæ уæддæр дыу- уæ цыргъ джебогъы хуызæн йæ цæстыты æнгас фæцав- та газеты, цыма йæ аныхъуырынмæ хъавыдис. Газеты фарсæй Дудармæ кастысты уацхъуыды рæнхъытæ: «Радиты Дудар критикæйы хурхыл хæцы, бюрократон цæстæй кæсы фæллойгæнджыты куырдиæттæм. Фари... Уру...» — Гъæ, куыдзы хъæвдын! — Шæлæтмæ фездæхгæ- пæ, йæхи фæхъулон иодта Дудар, — уымæй мын мæ зæрдæ æлхæдтай?! Ай куы <бабын дæн! Куы фæхудинаг дæн! Цæрдудæй мæ куы баныгæдтой! — газет йæ къу- хæй ахауд. ■— Тагъд, ардыгæй!!! Мæ цæст дæ куыд нæ 379
уал фена! Фæлитой! Хахуыр! Цæстфæлдахæг! Залиаг калмæй тарстæн æмæ мæ роны разынд. — Дудар йæ бандоныл æрхауæгау кодта, Шæлæт та, фæстæмæ фæ- кæс-фæкæсгæнгæйæ, алыгъд æттæмæ. Бамбарын кодта Ирæйæн, цæмæй Дудармæ фæкастаид. Ирæ рæвдз фæ- мидæг Дудары кабинеты. Дудары хуыздзыдæй куы ауыдта, уæд стъолы бынæй раласта «нарзанты» асыкк, систа дзы иу авг æмæ йæ байгомкæнгæйæ, Дударæн дон радта. Дудар донæй цалдæр хуыпп акодта æмæ, йæ зæрдæйыл хæцгæйæ, сдзырдта Ирæмæ: — Зæгъ адæмæн, никæйуал райсдзынæн. Чысыл фæстæдæр æрбацыди партийы обкомы ног секретарь Мæрзойы фырт æмæ Дудармæ сдзырдта: — Курын дæ, æмбал Радийы фырт, райсомæй ныр- мæ дæм адæм æнхъæлмæ кæсынц æмæ сын исты уы- наффæ бакæн, байхъус сæм. — Чи дæ æмæ дæ цы хъæуы?! — фæтъæлланг ыл кодта Дудар. —. Дæ масты фæдыл ма цу. Рæдыд фæндаг у уый, — сабырæй сдзырдта Мæрзойы фырт. — Чи дæ, зæгъын!!! — ногæй та йыл фæхъæр кодта Дудар æмæ йын къухæй дуары ’рдæм ацамыдта. — Тагъд, мæ кабинетæй!!! — Мæрзойы фырт дæн, — йæхи бацамыдта парти- йы обкомы секретарь. Дудар фæгæпп кодта йæ бынатæй, исдуг йæ цæсты- тæ дзагъырæй аззадысты, стæй фæстæмæ æрхауæгау кодта. КАРЗ ДЗÆХСТЫТÆ Рацыд иу аз. Æрмæстдæр иунæг аз, Мæрзойы фырт фыццаг хатт Фарны районы куы уыдис, уæдæй ныр- мæ. Фæлæ бирæ ивддзинæдтæ æрцыдис уыцы рæстæ- джы дæргъы Фарны районы. Республикæйы Министрты Советы раз æвæрд æр- цыд Радиты Дудары фарст. Уый дзуапп лæвæрдта ра- йоны хъæууонхæдзарады уавæрты тыххæй. Диссаг. Цал æмæ цал хатты лæвæрдта Фарны рай- æххæсткомы куысты тыххæй дзуапп Радиты Дудар 380
канд Министрты Советы раз нæ, фæлæ партийы обко- мы бюройы раз дæр, фæлæ ацы хатты хуызæн никуы тыхсти. Рагацау-иу зыдта, иннæ районтæн та йæ дæн- цæгæн кæй хæсдзæн йæ хæлар Созырыхъо. Цал æмæ-иу цал хатты сисуа йæ риуы дзыппæй чысыл блокнот, Дудар сæрыстырæй йæ хъуыран кæй хуыдта æмæ-иу уымæ тæсгæйæ, дзуапп лæвæрдта бирæты фарстытæн, лæмбынæг-иу æм фехъуыста Созырыхъо дæр æмæ-иу æм æввахсдæр чи бадти, уыдонæн-иу ныллæг хъæлæ- сæй дзырдта: «Радиты Дудары уæхсджытыл æнцайы Фарны районы уæз. Ахæм кусджытæ нæм фылдæр куы уаид, уæд иннæ республикæты æхсæн ноджы кадджын- дæр бынат æрцахсиккам». Созырыхъомæ хæстæг чи бадти, уыдонæй уæвгæ бирæтæ хорз зыдтой Фарны ра- йоны, уæлдайдæр та Радиты Дударæн йæхи æмæ сæ кæд бирæты зæрдæмæ нæ цыдис Дудары куыст, уый ахаст адæмимæ, хъуына йыл бадын кæй байдыдта, уый, уæддæр зыдтой Созырыхъо æмæ Дудары хæлардзинад æмæ цыма Дудары сахъатдзинæдтæ нæ уыдтой, сæхи афтæ дардтой, нæ йæ хъыг дардтой. Уый «æ, фæлæ-иу дзы арæх æппæлыдысты газетты æмæ æмбырдты дæр. Фæлæ Радиты Дудармæ ацы хатт президиумы стъо- лы цурæй нал касти йæ кæддæры аудæг Созырыхъо. Уый бынаты бадти Мæрзойы фырт, уымæй йе ’уæнджы бадтис мигъ. Мæрзойы фырт хъуыста, Радиты Дудар йæхи куыд рæстытæ кодта, уымæ. Цыма æвзонг кусæг уыдис Дудар, уыйау фыр тыхс- тæй йæ хиды æртæхтæ йæ рустыл уадысты, арæх-иу йæ къухмæрзæнæй канд йæ сырх цæсгомы хид нæ асæрф- та, фæлæ йе ’ставд бæрзæй дæр. Гъе, фæлæ кæд цы- фæнды тыхсти, уæддæр Дудар нал систа, йæ ирвæзын- гæнæг блокнот 1кæй хуыдта, уый. Уысмы бæрц дæр йæ сæрæй нæ хицæн кодта, Мæрзо- йы фырты йæ кабинетæй кæй сырдта, уыцы хабар. Æмæ ныр кæд Мæрзойы фырт ницы ма загъта Радиты Дуда- рæн йæхи тыххæй дæр æмæ йæ куысты тыххæй дæр, уæддæр хатыдис, президиумы .цы адæм бадтис, уыдонæй бирæтæ, кæддæрау, кæй нал худынц Дудары ныхæстыл, фаэлæ йæ арæх кæй фæуромынц сæ æнæнхъæлæджы фарстытæй. Цыма йæ барæй къуылымпы кæнынц, афтæ \ 381
фæкасти Дудармæ. Сегасæй диссагдæр та йæм фæкас- тис, боцкъайау, фæйнæрдæм чи фæцыдис, уыцы къæ- бæлдзыгсæр Чермены хъуыддаг. Чермен чысыл бынат нæ ахсы миййаг. Министрты Советы сæрдары хæдивæг у. Уæлæ, гъе, ныр Мæрзойы фыртмæ куыд æнгом бады, уымæй моджы æнгомдæр бадтис Созырыхъомæ æмæ йын-иу арæх йæ хъусы цыдæртæ дзырдта. Дудармæ-иу касти йæ тыхкастгæнæг хæлар цæстытæй. Арæх-иу ын сæры разыйы тылдæй амыдта, хорз арæхсыс, зæгьгæ. Æниу цал æмæ цал хатты уыдис Чермен Фарны ра- йоны. Быдыртæ бабæрæг кæнæм-иу ын куызагъта Ду- дар, уæд-иу ын хæлары уайцзæф багсодта, цыма дæуыл не ’ууæндын æмæ ды« дæ куыст бæрæг кæнын, -уый ны- хас кæныс, зæгъгæ. Дударæн дæр ма-иу цы гæнæн уы- дис, Чермены-иу акодта сæхимæ æмæ-иу дзаг фынджы уæлхъус алыгъуызон гаджидаутæ уагътой. Ныр йæхи хуырым карчы хъус ныккодта æмæ рагацау йæ цæсты- ты цæйдæр маст æмбæхсы. Фæлæ Дудар, æнцонæй йæ гæрзтæ чи æрæвæра ахæм каст нæ кодта-. Йæхи загъдау, иугай гæрæхтæй чи фæтæрса, ахæм нæу. — Фарны районы хъæууонхæдзарады куысты æнæ- мæнгдæр æмбæлы стыр æмæ чысыл хъæидзинæдтæ. Фæлæ равзарæм хъуыддаг. Цыма уыцы хъæндзинæдта-4 иуылдæр Радигы Дудары аххос сты?! Ис ирон адæмма; иу хорз æмбисонд: Чидæр, дам,йæхимард нæфæрæзга æмæ ма кæйдæр мард дæр йе ’ккой скодта. Иппææмби- сонд та уымæй ноджы хуыздæр хауы нæ районмæ, ома дæ хуыссæн куыд у — дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæп’. Раст ахæм æмбисæндты бахаудыстæм мах дæр. Чысыл район нæу Фарны район. Стыр колхозон хæдзарад дзы ис. Мингай гектартæ нæ хуымгæнды зæхх. Æмæ фыдæй фыртмæ нæ фыдæлтæ цы зæххытæй пайда кодтэй, уы- дон бакусын нæ бон нæу. Мах та ма иу æнæхайыры Зилгæдопы тъæпæныл ныххæцыдыстæм — цæргæ-цæ- рæнбонты доны хъæстæ чи нæ фæцис, айнæг къæдзæ- хау, чи ныддæвдæг ис æмæ, дам, æй хъуамæ быдырты хæзна фестын кæнæм. Æнæхъæн район базмæлын код- той. Цалдæр гектары дзы афæлдæхтой æмæ дзы сæв- зæр’д нымадæй иу хъæбысы дзаг хæтæлтæ. Бауырнæд 382
уæ, районы равдысты уыцы хæтæлтæй цалдæргай æфсир- тæ сæвæрын кодта мæнæ нæ районы партион кюмитеты зондджын разамонджытæй иу — Хестанты Уари. Уæд уый куыд у, хæлæрттæ? Ахæм куыстытæй Радиты Дударæн æххуыс кæиут? Æнхъæл нæ дæн. Кæд Радиты Дударæн æххуыс .кæнут, уæд Зилгæдоны тъæпæныл ахс- джиаг рæстæг сафыны бæсты баххуыс кодтаиккат иу фæстæзад колхозæн. Хæст нырма фарон фæцис. Æмæ кæд нæ район дыууæ мæйы йедтæмæ оккупацийы нæ фæцис, уæддæр ныл стыр зиæиттæ æрцыд. Гъемæ, æп- пæт колхозонтæн та сæхи бэн нæу сæ зæххы куыстытæ кæнын. Хестанты Уари æмæ ма ноджыдæр уый хуызæн «ура» патриотты бæлвырддæр æркæсын хьæуы районы уавæрмæ. Кэлхозок афæдзæй-афæдзмæ куы фæкуса æмæ уый фæстæ фæллойбонмæ куы райса æрмæстдæр æрдæг килограмм нартхор æфтиаг, кæнæ та уый дæр куы нæ райса, уæд ахæм колхозонты дыккаг аз рæ- сугъд ныхæстæй нал баууæндын кæндзынæ. Зæгъдзæн дын, ахæм сур ныхæстæй мæ сывæллæттæ нæ бафсæд- дзысты. Æмæ сын мах та арæх ахæм ныхæстæ фæкæ- нæм. Ноджыдæр ма зæгъын, фарон нæм уыд, нартхоры хуымтæ иугай хæттыты йедтæмæ чи нæ бары.зта, ахæм колхозтæ. Ахæм зæххытæ, мады ',хсыр фаг чи нæ ба- дæйа, ахæм сидзæр сæныччытæй уæлдай не сты. Нарт- хæртты хæтæлтæ вæййынц фæлурс æмæ сыл æрзайы цæйдæр зыкьуыр æфсиртæ. Ау, æмæ уæд Зилгæдоны тъæпæныл рæстæг сафыны бæсты ахæм зæххытæ баку- сын зондджындæр хъуыддаг нæ уыдаид. Ам, нæ респуб- ликæйы разамонджыты размæ дзуапп дæттæм, Хестаны фырт, æмæ дæ уыдон цур фæрсын: Фæллойадон хъайта- ры ном райсын кæй нæ фæнды? Канд æз æмæ ды нæ, фæлæ адон æхсæн дæр иу ахæм адæймаг не ссардзынæ. Фæлæ та ногæй ирон æмбисонд: «дæ хуыссæн куыдуа,— дæ кьæхтæ афтæ адаргъ кæн». Нæ хуыссæн та ныртæк- кæ цыбыр у, нæ къæхтæ та æгæр даргъ ивазæм. Æр- цæудзæн рæстæг æмæ Зилгæдоны тъæпæныл дæр фæуæ- лахиз уыдзыстæм. Фæлæ нырма æгæр раджы у уымæн. Дудар арæхстгай бацыди хьуыддагмæ æмæ бирæтæм йæ ныхæстæ раст фæкастысты. Бирæтæ дзы йе ’вварс 383
дæр рахæцыдысты. Иу цалдæр карз уайдзæфы æрны- дзæвд Уарийыл дæр. Ныхасы бар райста Чермен. Дудар нæ фæрæдыдис, афтæ куы загъта, æнæхъуаджы нæ ныккодта йæхи хуы- рым карчы хъус, зæгьгæ. Кæд иннæ дзурджытæй три- бунæмæ ничи бацыдис, уæддæр Чермен æнæ трибунæ никуы фæдзуры. Йе ’мкусджытæй йæ бирæтæ зыдтой, Чермен дзургæ-дзурын кæй нæ фæагуры зондджындæр ныхæстæ, фæлæ .йе ’рвнæрынгæнæгхъæлæскæй фæкалы, арвы гæрæхтау, алыгъуызон дзырдтæ. О, фæлæ чи уы- дй€ уый æнхьæл æмæ Чермен Дудары афтæ цъыфты сæзмæнта. — Фæлæ ацы хъуыддаджы къаддæр аххосджын нæу Хестанты Уари дæр. Районы дыууæ разамонæджы кæ- рæдзийæн æххуыс нæ кæнынц, фæлæ æттæг-мидæг ауа- дысты æмæ райоиы æдзæллаг уавæрмæ æркодтой. Чизоны, Дударæн иннæ бæрнон кусджытæй исчи куы кодтаид ахæм дæрзæг ныхæстæ, уæд сын бабыхстаид, фæлæ Чермены ныхæстæй йæ масты дзæкъул атыдта. Дис кодта, куыд быхсы ахæм дæрзæг ныхæстæ. Цъæ- мæлты Шæлæт æдзухдæр кæмæй сомы кæны, уыцы Чер- мæнæй. Фæлæ йæ цавæрдæр тых ныуурæдта. — Иал ис, нал, Фарны район кæддæр кæй уæхсджы- тыл æнцад æмæ адæм дæр бузныджы цæстæй кæмæ кас- тысты, уыцы Радиты Дудармæ кæддæры цæхæр, — æмæ йæхи карз хъуыдытæй фестъæлфыд. йедыхдзинады тыххæй йæ зæрдæ йæхиуыл тынг æрхудти. — Æз хæссын фæндои, иугæр районы дыууæ раза- монæг кусæджы кæрæдзи ныхас нал æмбарынц, уæд сæ фæхицæн хъæуы. Арвитын сæ хъæуы æндæр районтæм,— загъта йæ ныхасы кæрон Чермен. Чермены фæстæ ныхасы бар райста Хестанты Уари. Дудар фестъæлфыд. Ныр уый бар уадз, цæрдудæгасæй та мæ уый баныгæндзæн, зæгъгæ. Дударæн йæ сæр йæ уæхсджыты аныгьуылд æмæ зæрдæхудтæй йæхи’ нымæ- ры сдзырдта1: «О, уаих фæуай, Уари, ай мæ уырсы дон ласгæ куы (кæны, уæд ма мыл ды та къусы дзаг дон цы калыс». , Фæлæ... — Æмбæлттæ! — райдыдта йæ пыхас Уари, — ам 384
Чермен Радиты Дудары æмæ уыимæ та æнæхъæн ра- йоны æнувыд куыст дæр цъыфты сæвдылдта. Район чи нæ зоны, уый,- зæгъгæ, фехъуыста Чермены ныхæстæ, уæд фенхъæлид: район цæстфæлдахджытæй байдзаг ис, ра- йон æппындæр ницæмæн уал бæззы. Афтæхъуыды кæ- нын у рæдыд хъуыддаг. Ам Радиты Дудар цы хъуагдзи- нæдтыл дзырдта, уыдон æцæгæй дæр хауынц Фарны партяйы райкоммæ дæр, комкоммæ та мæнмæ дæр. Фæ- лæ Дудар цы у, уый у. Фæхицæн адæмæй. Нал æм хъа- рынц адæмы цин æмæ хъыг. Бюрократон цæстæй а«ас- ти æппæтмæ дæр. Цæстфæлдахджытæн йæ дæларм хьарм ахстæттæ бийынæн фадат радта. Фæлæ мæ ныха- сы сзф «омкоммæ дæр ды да>, Чермен. Ды — нæ район- иæ фидаргонд лæг, дæхи ам мадымайрæмæй сыгъдат- дæр равдисынмæ хъавыс, фæлæ иууыл сыгъдæджытæй г1æ дæ ды дæр. Фæрсын дæ мæнæ де ’мкусджыты раз: цæмæ æрцæуыс комапдировкæйы Фарны районмæ? Ми- нас кæнынмæ? Æмбæлттæ, мæ ныхæстæ уæм дæрзæгма фæкæсæд, фæлæ Чермен нæу сыгъдæгцæсгом партион кусджытæй. Уый «Сæуæхсиды» колхозы ныр дыккаг аз дары йæ фос. бынтон лæвар. — Президиумы кусджытыл цыма исчи уазал дон бакалдта, уыйау фесты. — Æл- дæртты заман раджы фæцис, фæлæ ма ды кæцæй фæ- зындтæ?! Фос азæй-азмæ нот кæнынц, адæм сæм зилынц, ды та цæттæйæ уым бамидæг вæййыс, паддзахад дын службæйы тыххæй цы машинæ радта, ууыл, æмæ дæхи- иæп рагънардæй кусæрттæгтæ раласыс. Уый сыгъдæг- цæсгом лæджы хъуыддаг нæу! Уæдæ æрдæбон нæ район- мæ æрцæуыны кой кæй скодтон, уымæн дæр йæхи аххо- сæгтæ ис. Дыгай-æртыгай бонты бирæ хæттыты ды нæ райочы баззадтæ. Фæлæ цы арæзтай уыцы бонты?! Цал кэлхозы разамындæн баххуыс кодтай?! Цал колхо- зонимæ аныхас кодтай зæрдæйæ-зæрдæмæ? Дæ коман- дировкайы бынат: горæтæй Фарнмæ; йæ нысаниуæг: Радиты Дудары хæдзары минас кæнын. Афтæмæй ды Радиты Дударæн æххуыс нæ кæныс, фæлæ йын дæ къуы- лымпыйы хос. Радиты Дудар æрфæсмон кодта, Уарийы тыххæй æгæр карзæй кæй загъта, уый тыххæй. Ногæй та йæ оæрдæ йæхиуыл фæхудт, уыцы ныхæстæ зæгъын Уари- 25 >'' 385
йы бæсты уымæн, Дударæн, æмбæлди зæгьын æмæ сæ -> кæй нæ загъта, уый тыххæй. Уарийы фæстæ ма чи\ радзырдта, уыдонæй бирæтæ канд Дудары нæ критикæ кодтой, фæлæ дæрæн кодтой Черменæн йæхи дæр. Дардæй хъусæг фенхъæлдтаид, ам Дудар нæ дæтты дзуапп йæ куысты тыххæй, фæлæ Чермен, зæгъгæ. Æмбырдæн кæропбæттæн скодта Мæрзойы фырт. — Радиты Дудармæ хъусгæйæ, лæг афтæ фенхьæл- дзæн: кусы, мæгуыр йæ бон, æрмæстдæр уый æмæ йæ иннæтæ та хъыгдаргæ кæнынц. Нæ, бынтон афтæ нæу, æмбал Радийы фырт! Уæ район дыууæ мæйы йедтæмæ оккупацийы нæ фæцис, фæлæ дыгай азты чи фæцис ок- купа\цийы, уыдон дæр дæ хуызæн тыхстхуыз не ’вди- сынц. Кæнæ «Уæлахиз» æмæ «Размæ» — республикæйы раззагдæр лолхозтæ уæ районæй не сты? Æмæ уæдæ уым афтæ дзæбæх пæмæн цæуынц хъуыддæгтæ. Гъе, æуый дæ сахуыр кæнын хъуыд. Фарон Сырхауты Арыс- хан иу трактористы тынг бафхæрдта. Æфхæрын хорз нæу, фæлæ сайæн^куыст дæр фыдракæнддзинадæй уæл- дай нæу. Тракторист та кодта сайæн куыст, зæхх уæ* лæнгай асау кодта æмæцыхъуамæ æрзадаид ахæм зæх- хыл. Хæдзардзин цæстæй фæкæсы трактористты куыст- мæ Æхсараты Мысост дæр æмæ сæм уымæн ис ахæм бæрзонд хорæрзад. Фæлæ цы хъуамæ æрзайа, куыст хæдцуйæ чи аскъæрдта æмæ æнæмæт Дзабо колхозы сæрдар кæмæн у, уыцы зæххыл? Ницы. Гъе æмæ уыдо- ’кыл дзурыны бæсты ам кæнгæ тыхстхуыз æвдисыс. Кæ- нæ ды куыд зæгъыс, район æцæг афтæ тыхст у æмæ уæ къухтæм æмхасæнтæ кæнут, уæд ма зæгь, цал дзуары бон фæкæнут? Æмæ сæ уымæй дæр дыууæ—æртæбонæй къаддæр ничи ахæссы. Кæнæ аипп ма уæд, фæлæ тæк- кæ хорæфснайыны рæстæджы цавæр куывдтæ кæныс дæ усы гуырæнбоны тыххæй. Æмбæлттæ, æз гуырæнбон банысанкæныны ныхмæ ницы зæгъын, фæлæ худинаг у зæронд партеон кусæгæн дæ митæ кæнын. Фен дæ кæд- дæры æрдхорды ус Уырымты Фарийы æмæ дын æй уый бамбарын кæндзæн. Йæ усы гуырæнбон Радиты Дудар ныууадзы йæ службæ æмæ фарель кæсаг ахсынмæ фæ- цæуы цалдæр километры йæ хæлæрттимæ. Ау, уый 386
къухтæм æмхасæн хуыйны? Хестанты Уарийы аххос- джын кæныс Зилгæдоны тъæпæны тыххæй. Уыцы фарст районы разамынды раз сæвæрдта Сырхауты Ахберд. Йæ цæргæ-цæрæнбонты зæххы куыст чи фæкодта, зæх- хы ад чи зоны, уыцы Ахберд. Æмæ уын тынг зондджын фарст сæвæрдта* уæ размæ, фæлæ йæ .сымах апп-уппы систат. Зилгæдоны тъæпæн >канд «Уæлахиз» æмæ «Раз- мæйы» колхозты хъуыддаг нæу, фæлæуæппæт Фарны районы хъуыддаг. Ныртæккæ нын парти æмæ Советэн хицауад нæ размæ æвæрынц стыр кадджын хæс — кол- хозон хуымзæххытæ фæфылдæр кæнын. Æмæ кæм хъуа- мæ ссарат цырагъы рухсæй дæр Зилгæдоны зæххы хуы- зæн. Фæлварынæн дзы цы нартхор байтыдтой, уый иу- гæр доны фыдæй сæфтмæ куы цыдис, уæд Сырхауты Ахберды звено сфæнд кодта, иу чысыл гæбаз дзы уæд- дæр фервæзын кæнын æмæ бедраты лæгдыхæй хастон Теркæй дон. Фервæзын дзы кодтой иу чысыл æмæ Ирыс- тоны зæххыл æрзайгæ давæр æфсиртæ нæма фендæуыд, ахæмтæ сыл æрзади, уымæй дæр æртыгæйттæ, цыппæр- гæйттæ æмæ суанг фæндзгæйттæ дæр. Сырхауты Ахберд нæ размæ сæвæрдта стыр паддзахадон хъуыддаг, уы- нын нын кæны, зæхх æцæг хæзна кæйу, уый. Фæлæсы- махмæ нæ хъуысы зондджын лæджы лæхстæ ныхас, ЗилгæдоньГ тъæпæнмæ æнæмæнгдæр саразын хъæуы хорз платинæ, æмæ цас цыбырдæр æмгъуыдмæ,- уый бæрц хуыздæр. * * * Йæ бынатæй ист æрцыд Радиты Дудар. Фарны рай- æххæсткомы сæрдарæй равзæрстой Æхсараты Мысосты. Къуырийы æмгъуыдмæ йæ бынатæй ист æрцыд Чермен дæр. Куырдиат ма бæргæ балæвæрдта, цæмæй йæ исты курсытæм уæддæр арвитой ахуыр кæнынмæ, фæлæ йын йæ куырдиат нæ баххæсг кодтой. Колхозы йæ фыстæ лæзар кæй фæдардта, уый тыххæй та йын карз æфхæрд рахастой; уынаффæйы ноджы дæр ныхас уыд, цæмæй колхозæн фыстæ дарæггаг цы дардта, уый бафида æмæ дыууæ азы дæргьы бæрнон куыстытæм уагъд мауал æр- цæуа. Ноджы карздæр дзæхстытæ сæмбæлд Кæрæфбег 387
æмæ Шæлæтыл. Уыдонæн иугæр хæлцы комбинаты хъуыддаг ногæй тæрхондонмæ лæвæрд куы ’рцыдие, уæд сæ быны дон бацыдис; рагацау æй зыдтэй, æвыдæй кæй нæ баззайдзысты, уый. Уæлдай^дæр та сæ аудын- гæнæг Дудар нал ис æмæ... Бирæ рахъуыды-бахъу’ыды- йы фæстæ сфæнд кодтой æхцайы руаджы æппæт дæр са- разын. Æхца цы фидæрттæ нæ байгом кæна, ахæм нæй, —хъуыды кодтой сæ дыууæ дæр. Шæлæт иу къорд хат- ты йæ гæды ’взаг фелвæста Саламмæ. Са<лам дисы ба- хаудта. Галы ’взагæй йæм дæрзæгдæрæй æдзухдæр йæ- хи цы Шæлæт дардта’, уый йæм ныр тинтычъийæ фæл- мæндæр йæхи цæмæн дары, зæгъгæ. Фæлæ цыма сæ ив- гъуыд ахастытæ ферох кодта Салам, уыйау йæхи дард- ’та. Иу æхсæвыгон та йæм сæ хæдзармæ фæзынд Шæ- лæт. Æрбахаста йемæ хæрд, нозт, ныццин ыл кодта, ру- васау, йæ къæхты æлгътыл кафыд Сасламы рæзты. Са- ламы зæрдæ уайтагъддæр фæкъæпп кодта Шæлæтыл, цæстфæлдахæгыл тæфсæг хуымæтæджы нæ бахæцыд, зæгъгæ. Иу чысыл абадтысты. Фæйнæ анызтой, уалын- мæ дыккæгтæ дæр... Райдыдта йæ зæрдæйы хъарджытæ дзурын Саламæн. Ирæ йын къух нæ дæтты, зæгъгæ, æмæ цы (бакæна, уымæн ницыуал зоны. — Уæвгæ Тулдзыхъæуы иу чызгимæ зонгæ дæн æмæ мын уæд та минæвар фæцæуис Кæрæфбегимæ. Дæхи машинæйы ныууаис, цас фыдæбон дын уаид. Æмæ æниу фыдæбон кæд у, уæддæр ирон нал стæм æви, нæ кæрæдзимæ цины хъуыддаджы дæр авмæ тыхсты хъуыд- даджы дæр хъуамæ ма фæкæсæм? — Чи у Тулдзыхъæуæй, æз сæ нæ зонын миййаг? — афарста йæ Салам. — Чи зоны æмæ сæ зоныс. йæ мзды ’фсымæр рес- публикæйы прокурорьгхæдивæгæй кусы. Чызг уындæй уадиссаг нæу, фæлæ йæ æнæуи удыхъæдджын хонынц. Æмæ æниу цы у рæсугъд чызг, сæрæн уæд æндæр. Мит рæсугъд у, фæлæ дзы къæхтæ сииынц. Салам лæм’бынæг хъуыста Шæлæты ныхæстæм æмæ дисы бафтыд: «Ау, минæвар ын цæмæй ацæуон, уый тыххæй мæм æрбацыд Шæлæт? Æнхъæл нæ дæн. Æз цы Шæлæты зонын, ууыл мæгуыры бон нæ акодта,-уæд йæ саермæ дзурын дæр кæмæ нæ хаста, уыцы Саламы 388
минæвар арвита?» Гъе, фæлæ Са’лам дæр, рогæй сайын чи бакома, ахæм нæу. Шæлæтæн уæздан ныхас загъта, зæгъгæ, табуафси, машинæ дын æз Мысостæй ракур- дзынæн, йæ уд ын куы курон, уæддæр мын нæ нæ зæгъ- дзæни, фæлæ уæд та дæхимæ гæсгæ минæвар дæр ссард- таис. Æз дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр шофыр. — Цытæ дзурыс, хуыздæр минæаар мæн нæ хъæуы. — Бузныг, Шæлæт, æгайтма мыл уый бæрц æууæн- дыс. Æз дын уæдæ кæддæриддæр—цæттæ. — Уæдæ дыл мæ зæрдæ фидарæй дардзынæн. Гъе- ныр ма дын иу чысыл хъуыддаг бахæс кæнынмæ хъавын æмæ иæ зонын. — Зæгъ, зæгъ, цы ’фсæрмы кæныс. Дæхи загъдау, ирон не стæм æви. Кæд дын исты мæ бон у—табуафси. Фæлæ кæд хъуыддаг æхцаимæ баст у, уæд дын ард хæ- рын, Шæлæт, мин сомы йедтæмæ мæм нæй, кастюмæн сæ æмбырд кодтон æмæ дын сæ мæ бон у æфстау агаæ- рон, æрмæст æгæр бирæ рæстæгмæ нæ! — къахгæмха- сæп та загъта Салам. —Бузныг, стыр бузныг, Салам. Дæ ныфс бирæ уæд. Æхцайы сæр мæ ницæмæн хъæуы. Фæлæ дæм ме ’рдхор- ды тыххæй æрбацыдтæн — Кæрæфбегæй зæгъын. Дæ- хæдæг зоныс, хæлцы комбинаты хъуыддаг тæрхондонмæ радтой. Æз кæд уым куысюн, уæддæр мур дæр ницæмæй тæрсын. Рæсуг суадонæй сыгъдæгдæр у мæ цæсгом. Фæ- лæ тæссаг Кæрæфбегæн у. Фидарæй мæ уырны, барæй фыдракæнддзинæдтæ кæй нæ арæзтаид, уый. Гъе, фæ- лæ лæгæн цæстфæлдахæг бухгалтер куы уа, уæд æй уайтагъддæр фæрæдийын кæндзæн. Кæрæфбегмæ та уый бæрц ахуыр нæй æмæ ахæм хъуыддæгтæ лæмбынæг нæ зоны. Хуыцау хорз æмæ æз йемæ куыстон, æндæра фыд- былызы раджы ныссагъдаид. Гъе ыыр та дæхæдæг зо- пыс, æртæ сывæллоны хицау, йæ ус нæ кусы. Ахæстон- мæ бахауд, уæд уазал къæйыл джиудзысты йæ сывæл- лæттæ... Нæ фæсайдта Саламы йæ зæрдæ. Шæлæт æм минæ- вары тыххæй кæй не ’рбацыд, фæлæ тæрхондоны хъуыд- даджы тыххæй. «Гъе, фæлæ мæнмæ цæмæн æрбацыд, æз та дзы цы мбарын?» — ахъуыды кодта. 389
— Раст цыма Кæрæфбеджы хъысмæт ,мæ къухы ис, ахæм ныхас кæныс мемæ. — Нæ районы прокурор Дрис дæ сиахс у. Куы дæ фæнда, уæд æплæт дæр оараздзынæ æнæ загъд-замана, лæгъзæй. — Табуафси, амонгæ мын «бакаэн, уьий йедтæмæ. Кæ- рæфбег йæхæдæг уадиссат лæг нæу, фæлæ йæ сыгъдæг зæрдæ ус Нипæ æмæ уыцы сывæллæтты тыххæй цы нæ бжæндзынæн. — Гъемæ уæдæ уый тыххæй та уæлдай бузныг. Хъæндзинæдтæ махæй алкæмæ дæр ис, фæлæ хорздзи- над чи ферох кæна, ахæм нæу Кæрæфбег дæр. Гъемæ, Салам, дæ хорз сиахс та районы пракурюрæй кусы. Лæг бæрзонд айнæджы был куы лæууа, уæд уый сæрсæфæн комы бынмæ фехсойын æнцон хъуыддаг у. Зындæр уг уый хорз æмгары къухæй ацахсын æмæ йæ ахауын ма бауадзын. — Раст дæ, раст, Шæлæт! — йæ зæрдæйы фæндоны ныхмæ сдзырдта Салам. — Цыдæриддæр мæ бон уа, уымæй йын ’балæгъзтæ кæндзынæн. Куы зæгъын, Нинæ- йæ мыл бирæ хæрзтæ ис. — Кæд Дрнс де сиахс у, уæддæр ахæм адæмы зæр- дæйы уаг æз хуыздæр зонын! — Саламы уæхокыл йæ къух æрæвæрдта Шæлæт! — æгæр хъæбæр зæрдæйы хицау сты æмæ сын иас тынгдæр балæхстæ кæнай, уый бæрц хъæбæрдæр фæкæны сæ зæрдæ. Фæлæ мæнæ йæ хос,—фынгмæ ацамыдта Шæлæт! Ирон хойраджы хъару цыфæнды кодексы статьятæй дæр тыхджындæр у. Туджджын знæгтæй хæлæрттæ аразы. Гъемæ, табуаф- си! — Шæлæт хъавгæ йæ дзыппæй систа æхцаты къо- на! —дæс мины, Салам. Иу дыууæ мины минасæн. Ин- нæтæ, хъуыддаджы кæм æхсызгондæр хъæудзысты, уый йæхæдæг хуыздæр зоны. Саламæн фырмæстæй йæ цæстытæ цæхæртæ агсалд- тои, тыххæйты йæхи баурæдта. «Куыдзы тугæй æхсад, фæлæу, æз дын дæ фэвддтæ дæ хъуыры фæбадын кæн- дзынæн. Дæс мины гæртам кæм дæттыс, уым дыл, æвæц- цæгæн, цæхæр арт сирвæзт æмæ мæ разы кæнгæ сабыр- дзинад æвдисыс». Æ^мæ йæ райдыдта дарддæр иъахын: 390
— Цæмæн хъæуы уый бæрц æхца, мæнæ дзы иу мин сомы дæр аэгъгъæд у. — Салам, æхца æгæр бирæ уарзынц. Тæссаг у, куы- кæ сæгъгъæд уой, уымæй дæр. Фæлæ-иу, йеуæд скæн* дæ сиахсæн хæстæджы кой, гъе. Уæвгæ нæ разы кæны, ууыл, зæгъгæ, уæд ма сæм иу æртæ, фондз мины бафтау- дзыстæм. Салам æхцатæ райста æмæ сæ йæ сиахс Дрисы стъо- лы раз æрæвæрдта, тарæрфыгæй афтæ зæгъгæ: — Мæнæ дын фæлитойтæ Алæмæтаты Кæрæфбег æмæ Цъæмæлты Шæлæт дæс мины гæртам æрбарвыс- той. Цæогомджын Дрис фыццаг аз нæ куыста миййаг. Сæ.мбæлдтытæ ма кодта, цæстфæлдахджытæ æмæ дав- джытæ сæ фыдракæнды тыххæй советон тæрхондоны раз æрлæууынæй куы фæтæрсынц, уæд цы дæлгаммæ митæ фæкæнынц, уыдæттыл. Йæ маст рахсыст æгасæй дæр. Æрмæст хъуыддагмæ æркæсыны размæ æхцатæ бахасга Хестанты Уаримæ æмæ йын сæ йе стъолыл æрæвæрдта... Кæрæфбег æмæ Шæлæтæн сæ фыдржæнддзинæдты тыххæй тæрхон æрцыд фæйнæ дæс азьиахæстоны фæба- ДЫН. ЦАРДАМОНДЫ ГАДЖИДАУ 1 Фарны районы иу цасдæр рæстæджы кодтойДудар æмæ йæ хæлæртты кой, уæлдай арæхдæр та Цъæмæлты Шæлæты кой. Æмбисæндты хуызæн дзырдтой, Шæлæт, Алæмæтаты Кæрæфбегимæ быдыры мииаскæнгæйæ, Мæрзойы фьгртæн йæхæдæг хъуыддæгтæ куыд рашæ- хурдта, уый. Шæлæтыл дзургæйæ-иу ракодтой, Уырым- ты Ф.ари Цъæмæлы фырты мыггаг иуыд ферох кодта æмæ йын æндæр худæджы мыггæгтæ куыд мысыди,уы- цы кой дæр. Фæлæ дзыхæй-дзыхмæ æмбисæндты хуы- зæн цы ныхæстæ цыдысты Дудар æмæ йæ хæлæртты тыххæй, уыдон ахызтысты дьиикаг бынатмæ æмæ фыц- цаг бынатмæ та рахызтис, æцæгæй цыбыр рæстæгмæ, фæлæ уæддæр, Æхсараты Мысост æмæ йæ чызг Азауыл хахуыргæнджытæ цы ныхæстæ арæзтой, уыдон. 391
Цæвиттон, Азау а-змæджы æнтыстджынæй каст фæ- цис Тимирязевы номыл академи. йæ дишюмимæ бирæ циндзинад æрхаста йæ ныййарджытæн. Уыдысты дзы сæрыстыр. Цыма сын сæ уарзонхъæбул Сандыры мард ферохкæнын кодта, афтæ хъæлдзæг уыдысты. Хорз куывд ын скодтой. Мысост æмæ Аминæты тынг зæрдиа;гæй фæндыди, æмæ бæллыдысты, нырма, зæгъгæ, нæ чызг æххæст йæ амонд куы ссарид.Ææлæ Хæсанæ йæхи ныхъхъус кодта. Иннæ уагуртæ та Азауы куырдуаты бадæг чызгæй уæл- дай нæ нымадтай. Æмæ Хæсанæйæн уæвгæ цы гæнæн уыд. Йæ ныййарджытæ ма хъуынджын æрфыгæй кас- тысты Мысостмæ æ.мæ Аминæтмæ. Нæ дзырдтай суанг Азауæн йæхи-мæ дæр. Иугæр куы базыдтой, Азау йæ ахуыр кæй фæцис, уый тыххæй йын куывд кæндзысты, зæгъгæ, уæд сæ цæмæй адæм куывдмæ хоныныл ма схæ- цыдаикжой, уый тыххæй сæхи кæдæмдæр апстой, Ный- йарджыты ахæм ахаст бæргæ зыдта Хæсанæ, фæлæ цы йæ бон уыд. Æрвьиста зындоны бонтæ, Азауы уарзон- дзинад ын йæ зæрдæйы уидæгтæ æхсыдта æмæ æн- хъæлмæ каст, ныййарджытæ дзы сæхæдæг кæд фæ- аргъуц кæниккой, кæд ахъуыды кæниккой зноны сывæл- * лои сын кæй нал у, афон ын кæй у цардæмбал æрхоны- нæн, зæгъгæ, уыцы бонмæ. Фæлæ уыдон ницы сæ хъус- тыл хæцыдысты. Хæсанæ тарст æндæр хъуыддагæй дæр. Азау нырма æнхъæлмæ кæсы, фæлæ цас æнхъæлмæ кæ- сын йæ бон у. Фыдæвзат къæдзæх дæр халы. Исч,и йын хæрам ныхæстæ фæкæндзæн, зæгъдзæн ын, зæгъгæ, сæм. «ыр.ма чындзы нæ фæцыдтæ æмæ дæ ныридæгæн се- сæфт кæм уынынц, уым ма- сæм цæугæ куы акæнай, уæд сæм цы хур фендзынæ, цæрдудæгасæй дæ бахæрдзысты. «Æмæ æниу æнхъæлмæ кæсы Азау? Хуыцау йæ зонæг Мæн æмæ чызджы æхсæн фидар ныхас нæма уыд. Зæр- дæзæгъгæ адæймаг ыл куы сæмбæла, уд æм чындзы фæ- цæудзæн, мæн та хæлиудзыхæй фæуадздзæн. Æ,мæ мын хъæугæ дæр кæны. Кæдмæ æнхъæлмæ кæса. Фæлæ цы бачындæуа? Куыд зæгъон, Мысосты райæххæсшомы сæрдар куы скодтой, уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр " йæхимæ хъусыныл чи фæцис, мæ уыцы хивæнд фыд Арысханæн, фæнды дæ, æви нæ, уæддæр бафидау Мы- 392
состимæ — дæ фырты ус курын фæнды. Чи радта мæ- нæн уыйбæрц хъару? Уæдæ сæ куыд ныууадзон æмæ хицæнæй куыд æрцæрон? Уый ноджы худинагдæр хъуыддаг уыдзæн! Уæвгæ, зæгъгæ, æндæр ранмæ алыгътæн æмæ æрхастон Азауы, уæд ноджы тынгдæр скъахин мæ ныййарджыты зæрдæ, æндæр дзы ницы рамбулин».—Æмæ æнæрынцойææнхъæлмæ каст йæ ный- йарджыты тæрхонмæ Хæсанæ. Уымæй цæй диссаг у цард. Иумæйаг хъуыддаджы тыххæй ныхас цæуы, зæгъгæ, уæд Хæсаиæ канд йæ хъуыды нæ фæзæгъы æрпшæй, фæлæ ма карзæй фæкри- тижæ кæны йæ фыды дæр. Фæлæ ам та ныха(с цæуы хи амондыл æмæ йын, цьгма, ирон царды æгъдæуттæ æндон рæхыстæй йæ уæнгтæ сбастой, афтæ йæм каст. Хæсанæ- йы ахæм уавæр хатыдысты йе ’ввахсдæр æмбæлттæ. Иу цалдæрæй йæм хатгæ дæр бакодтой, зæгъгæ, махæн бар радт æмæ Арысхан æмæ Дзæкаимæ баныхас кæнæм. Фæлæ уыцы хъуыддагдæр йæ сæрмæ не ’рхастаХæсанæ. «Ау, уый та куыд? Абон мæн тыххæй дзурдзысты мæ ныййарджытимæ, райсом та, Азаумæ сдзурын мæ ныфс кæй нæ хæссын, уыцы хæс айсдзысты сæхимæ æмæ мæн бæсты мæ уарзондзинадыл дзурдзысты Азауи-мæ. Нæ, ахæм хъуыддаг сæрмæхæссинаг нæу», — æмæ-иу сæ сдзурын дæр нæ бауагъта. . «Хæлæрттæ, быхсындзинад у тæккæ хуыздæр хос. Æз быхсын. Æххæст бабыхсут сымах дæр!» — ахæм дзуапп-иу радта йе ’рдхæрдтæн. Фæлæ Хæсанæ, быхсындзинадыл дзургæйæ, йæхи- цæн æрмæстдæр ныфсытæ æвæрдта, æнæуи та агуырд- та фадат Азауимæ фем^бæлынмæ. Фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Чиныгкæсæг зæгъдзæн, æмæ йæ ны фадат агурып хъуыд, кæд æмæ Азауимæ иу кæрты цардысты, уæд. — Гъæй дæ бонæй дæ уа, цымæ Хæсанæйы ныййар- джытæ де ’нæ зонгæ сты. Гъе, фæлæ уæддæр Хæсанæ æмæ Азауæн фем^бæлды фадат фæцис Хестанты Уарийы кабинеты, уымæй дæр Мысостимæ. Цæвиттон, Уари æмæ Мысост тæккæ ахсджиагдæр бакæнинаг хъуыддагыл нымадтой раноны кадртæ сфи- 393
дар кæнын. Айфыццаг сæ дыууæимæ дæр ныхас кодта Мæрзойы фырт районы уавæры тыххæй. Уый дзырдта:— — Уæ район у хъæууон-хæдзарадон район æмæ уæм нырма бирæ колхозты фосдарды æмæ хорæрзады хъуыддаг ис æдзæллаг уавæры. Цæмæн? Уый сахуыр кæнын æмæ аккаг мадзæлттæ саразын — цауд колхоз- ты раззагдæрты æмрæнхъмæ ракæнын у сæйрагдæр хъуыддаг. Мæрзойы фырт тынг карзæй дзырдта иуæй-иу *кол- хозты кæй ,ис, цæгдары бынаты дæр чи нæ сарæхсдзæн, ахæм æнæсæрфат сæрдартæ. Канд Фарны районы нæ, фæлæ иннæ районты дæр. Нуазынц, паплой кæнынц колхозан хæдзарад. Æвæстиатæй нæ æркæсын хъæуы бирæ ахæм ахсджиаг фарстытæм. Æркæсут уæ районы уавæрмæ дæр, æмæ уæ бузныг уыдзыстæм, куы нын баххуыс кæнат, уæд. Уари æмæ Мысост ныр ахæм ахсджиаг фарстытыл тæрхон кæнгæйæ, сæйрагдæр ахъуыды кодтой иуæй-иу колхозты сæрдæртты раивыны тыххæй. Нырма Мысост нæма радта «Размæйы» колхозы хъуыддæгтæ сомбоны сæрдармæ. Стæй чи уыдзæн, уый бæрæг дæр нæй. Ра- джы систой йæ бынатæй Сæуæхсиды номыл колхозы сæрдар Дзабойы, фæлæ сæм ног сæрдар нæма ис. Дза- бойы фарс хæцджытæ дыууæ хатты бафæлвæрдтой се- ’мдзæхтонтæй иокæй равзарыныл, фæлæ оæ хъуыддаг фæсыкк и. Колхозонтæй бирæтæ тынг ныхмæ слæууы- дысты, сæ хъаст бахастой партийы райкоммæ æмæ фарст цæхгæр сæвæрдтой, цæм’æй сæм æрбарвитой пап- лойгонд колхозон хæдзарад йæ къахыл чи сæвæра, ахæм фæлтæрдджын кусæг. Гъе, æмæ Уари уьгй тыххæй фаасвдти йæхимæ Хæ- санæ æмæ Азаумæ дæр. Фæлæ Мысост куы базыдта Уарийы фæнд, Хæсанæйæ Азауæй иуы «Сауæхсиды» колхозы сæрдарæй сæвæрыны тыххæй, уæд рагацау фæтыхсти æмæ йын йæ хъуыдытæ æр-гомæй затъта: —Хæсанæ курдиатджын, фидар партион кусæг у. Сабийæ фæстæмæ мæ цæсты раз схъомыл. Хæсты иум^е уыдыстæм. Цы фæнды куыст ын бахæс кæн, алы ран дæр сарæхсдзæн. Тынг зæрдиагæй мæ фæнды «Размае- йы» колхозы сæрдарæй æвзæрст куы ’рцæуид. Домбай колхоз у æмæ ахæм фидар адæнмаджы къухы нæ фæ- 394
цуддзæн, фæлæ ноджы тынгдæр сырæздзæн. Гъе ныр дын сусæг нæу Хæсанæ æмæ .мæ чьгзджы ахаст. Æмæ уый тыххæй та .хъуыды кодтон афтæ: нæ колхозы агро- ном горæттаг у, æнæзæрдæхудт кусæг. Цалдæр хатты фарст æвæрдта, цæмæй йæ ахуырмæ ауадзæм. Æз ын дзырд бафæрæзтон, ацы аз æй кæй ауадздзыстæм. — Йæ бынатм’æ та нын цæттæ (кодтай Азауы, — Мысостмæ хин каст бакодта Уари. æмæ йæ ныхас дард- дæр кодта. — Уьгмæй хорз бакодтай. Æгайтма Азау йæ ахуыр фæцис. Фæлæ кадрты тьиххæй нæ лгьухтæм æмха- сæнтæ кæнæм æмæ ахæм дыууæ кусæджы иу колхоз- мæ нæ антысдзысты. Азауы бригады хуызæттæ рес- публикæйы дæр бирæ нæй. Æмæ йæ бригады ахæм æгъ дау чи сæвæрдта, уый «Сæуæхсиды» колхозы дæр уаг æмæ æгъдау сæвæрдзæн. Кавд уым нæ, уæд та уæхи колхозы. «Сæуæхсиды» колхозы коймæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта Мысост. — Уари, Азау мæ иунæг чызг у. Лæппуйы -бæсты дæр мын уый у æмæ чызджы бæсты дæр. Æмæ мæн фæнды, ,мæ чызг амондджын куы уаид, йæ фæллойуар- заг зæрдæ йын куы нæ фæриссын кæниккой колхозы мулк чи паплой кодта, ахæм цæстфæлдахджытæ. Уæв- гæ, зæгъгæ, нæ къухы бафтыд ахæм хъуыддаг æмæ Аза- уы сæрдарæй равзæрстой^ уæд æппæты фыццаг дæр аф- тæ хъуыды кæндзысты, йæ фыд райæххæсткомы сæр- дар у æмæ ’йæ чызгæн бæрнон ку.ыст радтын кодта. Дыккагæй та, æз мæ чызгмæ уыйбæрц хъару нæ хатын æмæ «Сæуæхсищы» колхозы къупъри -гуыбынтимæ ку- сын чи бафæраза. — Се ’нпæт ахæмтæ не сты. Хъæубæстæ сыгъдæг- зæрдæ адæймаг куы феной, колхозон хъуыддагыл æну- выдæй чи тох кæны, базаргæнджыты счъилы нордтæ чи лыг кæны, ахæм фидар кусæг сæм фæзындис, зæгъ- гæ, уæд йæ алварс æрбалæудзысты æнгом. — Æз уæлдай амощдджындæр уаин, мæ чызг ахæм стыр хæс йæхимæ куы айсид æмæ йыл куы фæуæлахиз уаид. Фæлæ йæ лæмæгъ уæхсджытæ нæ бауромдзыс- ты а.хæм уæз æмæ йæ быны ныцъцъист уыдзæн. Æндæр хъуыддаг у Хæсанæ. Хæсанæйы сæм арвитæм сæрда- 395
рæй. Кæд дзы æндæр гæнæн нæй, уæд сæм агрономæй та арвитæм Азауы. Фæлæ мæ уый дæр уадиссаг нæ фæнды. Сæ хъуыддаг нæма алыг кодтой æмæ адæмы ’хсæн та фыддзыхтæ бирæ ис. Сдам-думаг мын кæн- дзьисты мæ чызджы. — Нæ, фæлæ сын ацы ф|арст алыг кæнын сæхи бар бауадзæм. Сæхæдæг равзарæд «Размæйы» колхозы сæ чи баззавдзæн æмæ «Сæуæхсидмæ» чи ацæудзæн, уый. Уарийы æнхъæлмæкæсæн уатмæ хицæнтæй фæзьш- дысты ’фьщцаг Хæсанæ, стæй та Азау. Ахæм ран сæ кæрæдзийыл фембæлдæй куыддæр фергъуиауысты. Сæ дыууæйы сæры дæр февзæрдис иу хъуыды: «Цæмæ иæм дзуры Уари?» Фæлæ сæ кæрæдзимæ ницы сдзурын ба- фæрæзтой. Уæвгæ Азау Хæнасæмæ сдзурынмæ хъавы- дис, фæлæ æнхъæлмæ кæсæн уаты Симæйæ дарддæр уыдис чидæртæ æмæ йæ ныфс нæ бахаста. Симæ Азау æмæ Хæсанæйæн бамбарын кодта, Уари- сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. ... Ноджы тынгдæр та фæтыхстысты, Мысосты дæр Уа~ римæ куы баййæфтой, уæд. Уари бамбарын кодта сæ ^дыууæйæн дæр, цæмæ сæм фæоидтис, уый. Цæуылнæ, Хæсаиæйæн æхсызгон уыдис, партийы райкомы секретарь ын афтæ стыр аргъ кæй кæны, кæй йыл æууæнды; фæлæ йын ноджы æх- сызгондæр уыдис, Азауы дæр сæрдарæй æрвитынмæ кæй .хъавынц, уый. Фæлæ Уари куы затъта колхозты нæмттæ, уæд Хæсанæ «Сæуæхсиды» колхозы коймæ куыддæр фестъæлфыд. Фæтарстис, йæ хивæнд уарзон Азау миййаг уырдæм куы равзара, кæд цыфæнды ныфс- джын у, уæддæр æм уымы фаг хъару нæ разындзæн. Зæгъынмæ хъавыдис: «Мæн арвитут «Сæуæхсиды» кол- хозмæ, Азауæн «Размæйы» æнцондæр уыдзæн. Фæлæ æгæр тагъд ныхас сæртæг хъуыддагмæ куы бамбаром районы разамынд, ом>а, уьимæ гæсгæ йæхиуыл фæхæ- цыд. Ницы сдзырдта иу дзæвгар Азау йæхæдæг дæр. Уый Уарийы ныхæстæ фехъусгæйæ, раидианы куыддæр йæ- химидæг фæтыхст, йæ хуыз дæр <ма фæивта. Азаумæ кæсгæйæ, зын базонæн уыдис, Уарийы ныхæстæ фе- хъусгæйæ, бæрнондзинадæй тæрсгæ фæкодта, æви йын 396
æхсызгон уыдис. Фæлæ йæ ахæм уавæр бирæ нæ ахаста. Йæхиуыл уайтагъддæр фæхæцыди æмæ ныхаеы бар райста. — Ахæм ахсджиаг фарст мын æрæвæрат мæ разы, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Цæй колхозы сæрдар ис мæ- нæй? Хъусгæ та мæм чи бакæндзæн, — зына-нæзына йæ мидбыл бахудт Азау æмæ Мысостмæ фæрсæджы каст бакодта. Азау æрдæбон чысыл раздæр ацы каби- нетмæ куы æрбащыд, уæд ёафиппайдта йæ фыды тыхст- дзипад. Æмæ йæ фидарæй уырныдта, рагацау Уариимæ кæй ныхас кадтой Азауæн йæхи тыххæй æмæ Мысоет кæй тарсти йæ чызгæн бæрнон /куыетмæ арвитьгнæй. Ныййарджытæ куырмæй кæй фæуарзынц сæ цоты, кæй еын нæ фæзонынц сæ рухс бæллидтæ, сæ тырнындзинæд- тæ, се ’хсар, сæ хъару, уый Азаумæ диссаг нæ касти. Фæлæ йыл йæ фыд ,кæй не ’ууæнды, уыцы хъуыддаг ын фелхыскъ кодта пæ хиуарзондзинад. Æрмæст хиуар- зондзинады тыххæй раедыд фæндаг чи равзара, ахæм чызг нæ уыдис Азау. Уый фæндыдие йæ хъарутæ бавза- рын. Ау, Тимирязевы номьил академийы ахуыргæнгæ- йæ йын æдзухдæр ахуыргæндтæ афтæ амыдтой: «Адæй- маджы куы "фæнда, уæд хор дурыл дæр æрзайын кæн- дзæн». Кæд раст дзырдтой, уæд цæуылнæ зайы <<Сæу- æхсиды» колхозы зæххыл хор? Æ^ви колхозопты ’хсæн ахæмтæ -ис, ’куыстмæ æдзæллаг цæстæй чи кæсы, иннæты дæр ма фыдхъуыддæгтыл чи ардауы? Ахæм цæстфæл- дахджыты районы æххуысæй, уызындзарм æрмкъух- тæй æз дæр æррæвдаудзынæн, /Хæсанæ сæ куыд æррæв- дауид, афтæ. Фæлæ, зæгъæм, колхозы зæхх смæгуыри, нал бæззы, уæд та мæнæн Хæсанæйæ бирæ æнцондæр у уьгй базонын. Ау, агроном куы дæн. Æмæ цæсгомджын адæймаджы ми ,кæм бакæнин, Уари мæ дзуапмæ куы ’нхъæлмæ кæсы, уæд Хæсанæйы ахæм цауд колхозмæ куы ауадзин. — Гъе, фæлæ дзы, зæгъгæ, колхозы сæрдарæй æнæ- цæугæ нæй, уæд ацæудзынæн «Сæуæхсиды» колхозмæ, гъе та æндæр ахæм цауд колхозмæ! — йæ хъуыды фи- дарæй загъта Азау. Хæсанæ фестъæлфыд. Хуыздæр дзуапмæ не ’нхъæлмæ ’каст Мысост, æрмæст Уари сæрыстырæй ба- 397
касти Азаумæ æмæ йын стъолы фарсæй сыстгæйæ, нæ къух зæрдиагæй нылхъывта. 2 Зьшæгон бон урс пирæнгæттæй æнæв-гъау уарыд мит. Бæлæсты къалиутæ миты уæзы бын дзæвгар æр- тасыдысты. Зæрдæрай фæллой чи бакодта, уыдон сæ хъарм æмæ раидзаст хæдзæртты бадынц æмæ зьпмæ- джы æртхъирæнтæ мурмæ дæр нæ дарынц — хъæлдзæ- -гæй сæ рæстæг æрвитынц клубты, кæсынц дзы алыхуы- зон кинонывтæм, аразыныц дзы хъазтизæртæ. Фæлæ цымæ районы тæккæ фæстæзаддæр «Сæуæх- сиды» колхоз куы у, уæд уыдон та цæмæн æрæмбырд- ысты сæ клубмæ? Бакæс-ма, клубы къух бакæнæн нæй. Адæм мыдыбындзытау хицæн къордтæ-къордтæй лæу- уынц æмæ гуьгм-гуьгм кæнынц. Æмæ уæвгæ цæуыл адзурой, уый сын ис. Ныр æр- тыккаг хатт æмбырд кæнынц уыцы иу фарсты тыххæй — колхозæн ног сæрдар равзарын. Фæлæ иумиаг æвзаг нæ арынц. Фыццаг дыууæ хатты цы сæрдартæ æвзарын кодтой хицæн адæмты къорд, уыдон тыххæй сæм рауа- дис загъд дæр. Абон сын кæй æвзарын кæнынмæ хъа- вынц сæрдарæй, уый тыххæй фесты къорд дихы æмæ кодтой алыхуызон ныхас. Иутæ дзырдтой: «Районы ра- замындæй !мах домдтам фйдар партион дусæг, нæ пап- лойгонд колхозон хæдзарад нын йæ къахыл чи слæу- уын кæна, Æхсараты Мысост та нæм æрбарвитынмæ хъавы йæ къул,бадæг чыздл^ы. Ома, дам, кæд цæфæй нæ мæлут, уæд уын уьгй та рæхуьгст». Дыккаг къордмæ цы адæм хаудысты, уыдон дæр хъуыды кодтой алыгъуызон. Æрыгондæртæ сæ зæрдæ дардтой се ’взонгдзинадыл æмæ æнхъæл уыдысты, Азауы мыдадзау кæй’ атайын кæндзысты æмæ йын, зæгъгæ, иугæр йæ сæр куы разилын кæнæм, уæд æдых сылгоймаг не ’нæзонгæ нæу, æдзухдæр нæхи фæнд тæрдзыстæм æмæ нæ цы фæнда, уый араздзыстæм. Ацы дыккаг къорды уыдис, бынтон æндæргъуызоп чи хъуыды кодта, ахæмтæ дæр. Ома, Азау нæлгоймаг куы уыдаид, уæд нын йемæ æнцондæр дзурæн уыдаид, уæддæр та ирон а<æрдзынæн стыр тых ис, нозты къунъ- 398
ри йæ фестын кодтаиккам. Фæлæ сылгой’магимæ зын тохгæнæн у. Уымæй дæр йæфыд ахæмранкусы æмæйæ бон у, масты хай тæ фæкæна. Канд Азауæй нæ, фæ- лæ се ’оны мигъ тынгдæр Мысостæй бадти. Гъе, фæлæ дзы уыд, Азауы тыххæй хорзы ’рдæм чи хъуыды кодта, ахæмтæ дæр. Уыдон та дзырдтой: Азау у районы тæккæ кадджындæр фæскомцæдисон фæси- вæдон бригады брипадир. Азау хъаруджын, курдиат- джын сылгоймаг куьгнæ уыдаид, уæд, ахæм бæрнон куыст æххæст кæнгæйæ, ^зæсаууонмæ нæ фæуьгдаид каот Тимирязевы номыл а-кадеми. Стæй йæ фыды къухы район ис æмæ нæм уый дæр йæ хъус хуыздæр фæдардзæн. Фæлæ сегасæй æхсызгондæр уыдис Азауы кой фæси- вæдæн. Уыдонæй бирæтæ Азауы зыдтой канд хорз бри- гадирæй нæ, фæлæ хорз ирон фæндырдзæгъдæгæй дæр. Бирæтæ сæ сæхи амондджыныл банымадтаиккой, зæгъ- гæ, сæ цардамондæн Азауы хуызæн рæсугъд, æгъдау- джын чызг фæцис, уæд. Искуы-иу бæрæгбоны, гъе чын- дзæхсæвы куы фембæлдысты Азауыл, уæд-иу æм хъазгæ ’мхасæи ныхасæппарæн (кодтой, кæд фехъуыс- той Сырхауты Хæсанæйы уарзон у, зæгъгæ, уæддæр. Æмæ ныр фæсивæдæй чидæртæ а_фтæ дæр ахъуыды кодтой, æвæццæгæн, Хæсанæимæ сæ мыды тсъусы къæм ныххаудта, æндæра куыд сразы кусынмæ æндæр хъæу- мæ ацæуыныл. Афтæ чи хъуыды кодта, уыдонæн дæр Азауы кой æхсызгон йеттæмæ хъыг нæ уыдис, ома нын кæдæй уæдæй нæ амонд бафæлварынæн фадат фæуы- дзæн. Гъемæ ныр ахæм алыгъуызон хъуыдытæ кæнгæйæ, адæм фæзындысты клубмæ, æнхъæлмæ кастысты Азауы фæзынынмæ. Колхозон клубы раз æрлæууыд Хестанты Уарийы машинæ. Машинæйы фарæты тыхджын рухсмæ бæрæ- гæй зынд, мит гæр-гæрæй куыд уарыди, уый. Машинæ- йæ рахызтысты Уари æмæ Азау. Æмбырд куы райдыдта, уæд Уари хæрз цыбырæй адæм,ы базонгæ кодта Азауы биографиимæ. Уарийы ра- ныхасы фæстæ адæмы ’хсæнæй сыстадис иу бæзæрхыг, ставд къабаз, рæстæмбис ас, ацæргæ лæг. Бæрæг уыд 399
й-æ сагъæосаг цæстæнгасæй, йæ зæрдæйы маст кæй ис, уый, æмæ Азауы æргомæй бафарста: — Хорз чызг, дæ ном Азау хуыйны, æнхъæл дæн. Азау сыстад президиумы стъолы цурæй. — Бад, бад, де ’гъдау (бирæ. Фæлæ дæм мæ комком- мæ фарст хъыг <ма фæкæсæд. Уазæджы бафхæрькн ирон адæммæ кады хъуыддаг никуы уыдис. Мæ ныхас та уæвгæ дæрзæг у. Æмæ дæрзæг та уый тыххæй у æмæ мæ зæрдæ дæр тынг мæсвджынч æмæ дæрзæг у. Афæ- дзæй-афæдзмæ, мæ хур, фæкусын, мæ фæллюйбонтæм та райсын цыдæр муртæ. Æмæ уыцы муртæ раджы фес- ты. Ныр мæ бинонты хæссын æфстау хорæй. Æмæ æфс- тау исгæ бæргæ ’кæнын, фæлæ сæ фидгæ та цæ- мæй бакæндзынæн? Колхозы зæххытæн • фыдбылыз счындæуыди æмæ сыл хор нал зайы! Бирæ мæ хуызæттæ сæ бинонты , дарын нал фæрæзтой, æмæ горæдмæ алыгъдысты, бацыдысты заводтæм, фабрик- тæм кусынмæ. Фæлæ мæнæн мæ бон афтæ бакæнын нæу. Æнæ зæхх мæнæн мæ цард ад никуы скæндзæн/ Фыдæй фыртмæ зæххы куыст кодтам, уый уыдис нæ дарæг. Ныр нæм цæуылдæр фæхæрам ис нæ зæхх æмæ нын хор нал дæтты. Дарддæр цы бакæнон, куыд дарон мæ бинонты, уымæй дæ бафæрсынмæ хъавын? Æппын- фæстаг, ды зоньис, цавæр колхозы бæрны цæуыс, цы адæмы ’хсæнмæ дæ нь^фс бахастай, уьгй, æви нæ? Адæмы ’хсæнæй райхъуыст ;кæйдæр хин худт æмæ мæстæймарæн ныхæстæ. — Ай та алкæмæн йæ бинонты хъарджытæ кæны... Дæ хорзæхæй Ботаз, худинаг дæм ницы кæсы? Уар^и бамбæрста хæрам адæмы чыр-чыр æмæ был- ысчъил худт, фæлæ ницы адзырдта, тыхæй йæ маст аныхъуырдта. Фæлæ йæ -маст нæ баурæдта Ботаз. Уый уайдзæф- гæнæджы базыдта йæ хъæлæсæй æмæ йæм бадзырдта. — Мах рæстæджы, Ерастъи, худинаг у давын, нуа- зын, базаркæнын, урс къух æмæ схъæластæуæй цæ- уын. Æмæ уыдон дæуæй Ботазмæ нæ хауынц, фæлтау дæ бынаты бад æмæ мæ ма къах. -^- Æндæра бирæ ам-булдзынæ!!! — райхъуыст та уыцы лæджы нозтджын хъæлæс. 400
Ботазмæ дзырдтæ баппæрстой ноджыдæр иу цал- дæрæй. Азау ахъуыды кодта, уыдон дæр дæрзæг ны- хасгæнæджы хæлæрттæ кæй уыдзысты, ууыл. Фæндыд æй, цæстомæй сæ куьг федтаид, фæлæ клуб уыд талынг. Разæп президиумы -стъолыл сыгъд фæтæгены дыууæ дырагъы, æндæр сæм электроны рухс нæ сыгъд. Клу- бы цы адæм бадт æм.бисæй фæстæмæ, уыдонæн равза- рæн нæ уыд, зындысты æндæртты хуызæн. Æмæ дзырд- æп-парджытæ та бадтьисты фæстаг рæнхъытыл. Ботаз дзуаппмæ æнхъæлмæ кæй кастис, уый æмбæрс- та Азау æмæ Уаримæ аивæй бакаст, фарста йæ цæст- æнтасæй, ома йын цы дзуапп радтон. Фæлæ йын цы загътаид Уари, лæгæн дзуапп радтын хъуыд, æндæр. Уæдмæ Азау йæхи фæныфсджын кодта æмæ загъта: — Хорз лæг, æпцон фарст мæм нæ радтай, зын фарст у. Фæлæ уал зæххы тыххæй: кæд уæ зæххæп, ды. куыд зæгъыс, афтæмæй, æцæг фыдбылызтæ счындæуы- ди, уæвгæ уый бауырнинаг нæу, уæд ын ма.х йæ «хин- тæ» сыхалдзыстæм. Кæд æрмæстдæр смæгуыр ис, уæд, фыдæлтæй фæстæмæ зæххы куыст чи ,кæны, уымæн æп мæ амонын нæ хъæуы — фаджыс, минералон хъацæн- тæ йæ хуыздæр хос. Кæд æм фаг зылд кæй не ’рцæуы, уый аххосæй дзы не ’рзайы хор, уæд та, æвæццæгæн, иунæг ды ,кусыс зæрдиатæй, уый æгъгъæд нæу. Фæр- сыс мæ, цы колхозы бæрны цæуын, цы адæмы ’хсæн кусдзынæн, уыдон зонын, æви нæ, зæгъгæ. Дзуапп дын дæттын: зонын, фæлæ æххæстæй -нæ. Æз барвæндонæй равзæрстрн уæ колхоз. Æрбацыдтæн уæм сыгъдæг зæр- дæйæ. Фæнды мæ баххуыс уын кæнон. Мæнæ нæ пар- тийы райкомы секретарь ме ’вдисæн — -бар мын уыдис равзарынæн районы хуыздæр <колхоз, ома нæхи колхоз, «Размæ»-'пæ сьгмах колхозæй. Æз равзæрстон уæ кол- хоз. Цæмæн? Ау, цардмæ нырмæ ныр куы ракъахдзæф кодтон, уæд мæ цæу,ылнæ бафæндыд раззаг колхозы сæрдарæй кусын? Цы адæмы ’хсæн раигуырдтæн æмæ схъомыл дæн, адæймаджы йæ иу сулæфтæй дæр чи< æмбары, уыдон æх-сæн кусын? Бæгуы дæр мæ фæнды. Фæлæ мæ фарсмæ хорхъуаг бинонты куы уынон, уæд куыд хъуамæ бахæца мæ фарсыл мæ рæсугъд цард? Уым æнæмæн дæр æрзайын кæндзысты хъæздыг тыл- 26* 401
лæг. Фæлæ мæ бынат ис ам, зындæр ран. Ау, уæдæ ма партионы ном цæмæн хæссын?. Æз афтæ æнхъæлын æмæ ам фылдæр пайда æрхæсдзынæн. Гъе, æр’мæст æнæ сымах, иунæгæй æз дæр ницы бакæндзынæн. Азауы ныхæстæ тынг бахъардтой Ботазы зæрдæмæ, стæй 'Канд Ботазы нæ, фæлæ иннæ здæмæй дæр бирæ- тæм. Иутæ дзы сæ зæрдæмæ хъусыныл фесты, иннæ- тæ та дзырдтой, уый «йæ йе ’взонгдзинад дзурын кæны, зæгъгæ. Ныхасгæнджытæ «кæрæдзи ивтой. Арæх-иу ра- кодтой Дзабойы æмæ уый æмдзæхтоны кой. Дзырд- той, ныр цасдæр рæстæджы дæргъы сæ зæрдæты цьг маст фембырд кодтой, æмæ кæй аххосæй, уый тыххæй. Хъæубæсты цæрджытæй бирæтæ æфсоны куыст кæ- нынц колхозы, цæмæй сььн сæхи зæххытæ ма байсой. Ахæм колхозонтæн сæ цардæй адджындæр кæй фæцис базар. Стъигъынц канд горæты цæрджыты нæ, фæлæ хи хъæуккæгты дæр. Алкæйы къухы кæм æфты горæт- мæ ацæуын. Уыдон та горæтмæ ласынц дыргъ, царв, цыхт, стæй канд сæхи уæттæ нæ, фæлæ хъæуггæгтæп æлхæнынц асламæй, горæты та сæ уæй кæнынц зы- наргъыл. Уыцьг æхцайæ уым æлхæньпнц хъæугæ товар- тæ æмæ иннæ царм та ам хъæуккæгтæй ститъынц. Аф- тæмæй хъæуккæгтæй иутæ мæгуырдæр кæны.нц, иннæ- тæн та сæ дзыппытæ нæрсынц кæйдæрты цæттæ фæл- лойæ. Æмбырд дзæвгар ахаста. Рахьгзтысты хъæлæскæ- ньгнмæ. Уари æнхъæл куьгд нæ уьгдис, афтæ рауад хъуыддаг. Иу авд адæймагæй фæстæмæ иууылдæр сæ къухтæ едардтой Азауьг сæрдарæй равзарыны тьгххæп. Афтæ æм,хъæлæсæй уьгцьг хъæуы адæм уымæй размæ- йы сæрдартæй дæр никæйьг равзæрстой. Æвæццæгæн, хорзы ’рдæм чи хъæлæс кодта, уыдон æхсæн уьгд ахæмтæ дæр, кæцьгтæ хъуыдьг кодтой, ома та ньгн цæйнæфæл- тау Дзабойы хуызæн нозты къупъри уа сæрдар, фæл- тау уадз æмæ сылгоймаг «паддзах» уæд. Æмбьгрд райхæлд æмбисæхсæв. Бирæтæ сæ æрхаты- дыстьг Уари æмæ Азаумæ, ахсæв ам ныллæут, зæгъгæ. Фæлæ Мысост тьгнг бафæдзæхста Уарийьг уе ’рбацыд- мæ æнхъæлмæ кæсдзынæн æмæ мæ фыдæхсæв ма фæ- кæнут, зæгътæ. 402
Æмбырд афтæ рæвдз куы ацыдис, уæд уæвгæ Уари- йы фæндыдис æхсæвы уым ныллæууын, зæрдæйæ зæр- даэмæ партионтимæ баныхас кæнын. Фæлæ Азау не сра- зы. Æмæ кæцæй сразы уыдаид кæд æмæ «Размæйы» колхозы та абон сæрдарæй æвзарынц Сырхауты Хæса- •наайы. Кæд æмæ афонмæ йæ ныййарджытæ сæхицæн бынат нал арынц. Ныййарджытæ, зæгъгæ, Мысост йæ мадæн ницы схъæр кодта. Йæхи куы рæвдзытæ кодта, уæд мады фарстæн дзуапп радта, районы цæйдæр æм- бырд ис æмæ уырдæм хуынд дæн. Мадæн хъыг уыдис, йæ чызг сæхи колхозы æмбырды кæй нæ уыдзæн. Уы- мæй дæр Хæсанæйы æвзарынц сæрдарæй. Фæлæ чыз- джы фæндоны ныхмæ ницы сдзырдта. Æмбисæхсæвты, Уарийы фарсмæ бадгæйæ, Азауы рог м-ашинæ скъæфта Фарны хъæуы ’рдæм. Азау хъуы- дыты ацыд, æнкъардта цавæрдæр стыр бæрндзинад. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу йæ цæстытыл ауад Ботаз. Уари та цыма стыр тохы фæуæлахиз, афтæ хъæл- дзæг уыди. — Тæрсгæ ма кæн, Азау, стыр ныхмæвæрд тых дæм æнхъæлмæ кæсы, фæлæ йемæ тохы иунæг нæ уыдзынæ. Ботазы хуызæн куыстуарзаг адæм чысыл нæй колхозы, уæдæ дын мах дæр баххуыс кæндзыстæм. Азау бахудт йæ мидбылты, фæлæ дзургæ ницы скод- та. 3 Абон «Размæйы» колхоз ног сæрдар кæй æвзæрстой æмæ уымæй дæр Хæсанæйы, уый, чи зоны æмæ Арыс- хан нæ ^базыдтаид, зæгъгæ, йын æй Дзибыл нæ загъта, уæд. Хæсанæ йæхæдæг ницы схъæр кодта хæдзары. Би- нонтæ, уьщы хабар фехъусгæйæ, фырцинæй сæхицæн бынат нал ардтой. Уæлдай æхсызгондæр уыдис Арыс- ханæн «Мæ фырт — колхозы сæрдар. Районы тæккæ раззагдæр колхозтæн сæрдариуæг кæнынц фыд æмæ фырт!» «Размæйы» колхозы æмбырд куы фæцис, уæддæр ма Арысханы хъустыл уадысты Æхсараты Мысосты стауæн ныхæстæ: «Хæсанæ у стыр фидæн кæмæн псу фæллайын чи нæ зоны, ахæм фæлтæрд партаон кусæг 403
æмæ мæн фидарæй уырны, мæнæн сымахимæ цы нæ бантыстис, уымæн уый кæй бантысдзæн уæлахизæй». Дзæка æмбырдтæм цæуын нæ уарзта; сæхи .колхо’зы æмбырдмæ дæр никуы бащыд. Фæлæ а.бон тыхæй бæт- гæйæ дæр нæ ныллæууыдаид. Мы.сост Хæсанæйы куы сдыдта, уæд Дзæкайы зæрдæмæ бахъуызыд рæвдаугæ циндзинад, бузныджы цæстæй каст, йæ уарзон хъæбул- æй йын афтæ тынг чи æгтпæлыди, уыцы Мысостмæ. Арысханæн та куыддæр йæ зæрдæ йæхиуыл æрхудти æмæ йын йæ ныхмæлæууæг хъуыдытæ æнцой нæ лæ- вæрдтой. «Азимаг мæхæдæг дæн, афтæм’æн та аххос- джьин Мысосты кæнын» — хъуыды кодта нæхинымæры Арысхан æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыд, æрæджы йын йæ хæлæрттæй иу партийы райкомы бюройы Арысх-а- ны тыххæй цы ныхæстæ цыд, уыдон куы радзырдта, уый. Арысхан йæ хъустыл не ’ууæндыдис. Ныхасгæн- джытæй чидæр карзæй æвæрдта фарст Арысхан дæр, дам, Дудары æмдзæхтæттæй у, уый методтæй кусы, æмæ йæ сæрдары бынатæй аиуварс хъæуы. Фæлæ Мы- сост, бирæтæ æнхъæл дæр .куыд нæ уыдысты, афтæ тынг рахæцыд Арысханы сæрыл. «Арысхан æнæаипп кусæг нæу, — затъта Мысост, — фæлæ Арысханы хуы- зæн кусджыты сæ бынæттæй куы исæм, у-æд ма дзы æвæргæ та кæй хъуам.æ скæнæм. Арысхан у районы хуыздæр колхозы сæрдар. Æхсæвæй, бонæй йæхицæн- хуыссæг адджын нæ кæнгæйæ, хъуыды кæны йæ колхо- зы сырæзтыл. Уарзы куыстуарзаг адæмы зæрдиагæй, йе сæфт уыны матуоатæй æмæ сæ ныхмæ тох кæны! Ахæм фæлтæрд кадртæн хъæуы артъ кæнын. Гъе, æр- мæст æм иу чысыл хъæндзинад ис — кадуарзаг лæг у> æмæ йыл уыцы низ та, мæнмæ гæсгæ, бахæцыд Радиты Дударæй... Цæмæй дзы фервæза, уьгй тыххæн йыл наз- дахъ æруадзын хъæуы. йæ чысыл згæтæ йын æрхаф- дзæн æмæ та, цæхæртæ калгæйæ, йæ джиппы абад- дза’н». Ныр, Мысосты ныхæстæм хъусгæйæ, Арысхан дисы бахауд: «Мæ фыртæй мын æппæлы, мæхи сæрыл хæцы. -Цæмæн? Ау, исты фыдгæнæг у æмæ мæ истæмæй тæр- сы? Нæ, Мысосты æз зонын йæ сидзæр сабийы бонтæй фæстæмæ. У, къæм кæуыл нæ абадт, ахæм растзæрдæ 404
адæймаг. Уæдæ чи у аххосджын? «Ды, ды, — сдзырд- та Арысханмæ йæ зæрдæ. — Ды йыл цыдтæ алы хатт дæр сайдæй. Цæмæн? Æрмæстдæр районы фыццаг бы- пат цæмæй бацахстаис, уый тыххæй. Æмæ дын, зæгъ- гæ, республикæйы дæр фыццаг бынат бапэхсыны фадат уыд, хæрамдзинадæй, уæд дæ <цæстдæр не ’рныкъуылд- таис, сайдæй разылдаис Ирыстоны колхозты сæрдар- тыл дæр. Æмæ Мысост мæныл сайдæй куы зылдаид, уæд та?» Лæгау лæг хъуамæ афоныл баоæтта <йæ рæ- дыдыл æмæ хатыр ракура. Æз та?.. Арысхан уæвгæ æмбæрста йæ аххос æмæ Хæсанæ- йы сæрдарæй куы равзæрстой, ^куы йыл цин кодтой, æм- бырды фæстæ, уæд исдуг Арысхан дæр сæ цурмæ ба- цæуынм-æ хъавыдис, фæлæ цинтæнджыты ’хсæи Мысос- ты куы ауыдта, уæд та йæ цыдæр тых иуварс æрурæд- та. Уæдмæ йæм фæкомкоммæ Мысост æмæ йæм йæхæ- дæг æрбауадис. — Гъеныр ды хæрæг нæ дæ. Адæм дын дæ фыртыл цин кæнынц, ай та æцæгæлон лæджы лæуд скодта æмæ дардæй фæлгæсы. — Мысост зæрдиагæй атыхсти Арыс- ханыл. — Цæй, хæлар, ахæм бон зæрдæмæ хъусгæйæ иæу, фæлтау дæ лæгдзинад равдис. Дзæка Арысхан æмæ Мысосты ныттыхсгæ куы фед- та, уæд лæгты разæй фæцæуæг. Хатыд, ацы изæр хъуыддаг æнæ фынг кæй нæ баззайдзæн æмæ атагъд кодта Аминæтимæ бафидауынмæ, стæй йын йæ зæрдæ- йы циндзинад радзурынмæ. «Ау, уæдæ ма мæнæй амонд- джындæр исчи ис? Мæ хъæбулыл мын адазм се ’ууæнк бафтыдтой». Аминæтмæ дуар бахоста æмæ йæм хъæлдзæгæй ба- дзырдта: — Аминæт, ам нæ дæ, >цы? Аминæт Дзæкайы базыдта йæ хъæлæсæй, ба;мбæрс- та ныййарæг мады циндзинад æмæ ма æрмæст дæр дуар фетом’кæнгæйæ, зæгъын бафæрæзта: — Ам дæн, уæдæ кæм дæн, Дзæкъулы. Зæгъгæ, ныр нæ, фæлæ æндæр хатт Аминæт Дзаака- йы афтæ рахуыдта, уæд æй стыр æфхæрд æмæ фидис- мæ ба<мбæрстаид, фæлæ ныр «Дзæкъулы» Аминæты дзыхæй райхъуыст рæвдаугæ хъæлæсæй. Стæй ма 405
Аминæт йæ хъæбысы атыхта Дзæкайы æмæ йын афтæ зæгъы. — Амондджын бынат ын фæуæд! — Уый тыххæй стыр бузныг, фæлæ мæ фырты амонд ацы хæдзары ис æмæ... — Уый тыххæй сын сæхи афæрс. Кæнæ уæхи Арыс- ханы. — Гъе, ’куыд дын амардтæн, Арысхан æмæ Мысост дæларм-уæларм æрбацæуынц. Аминæт бамбæрста, Дзæка разæй цæмæн æрбацыд, уый æмæ йын æхсызгон уыдис. Уæдмæ уынджы ’рды- гæй æрбайхъуьгст Арысханы нæрлæ хъæлæс: — Кæм дæ, не ’фсин, еæр дæ бахъуыдис! Аминæт æмæ Дзæка, цыма сæ лæгтæн дзуапп лæ- вæрдтой, уыйау, кæрæдзи цæнгтыл хæцлæйæ, дуар ба- кодтой æмæ сыл афтæмæй сæмбæлдысты. Аминæт абон нæ ацыдис æмбырдмæ. Уымæн Мысост бамюарын кодта, зæгъгæ, изæры Уари махмæ уыдзæн æм’бæлттимæ æмæ нын фынг бацæттæ кæн. Аминæт баз- зад сæхимæ æмæ фынг сцæттæ кодта. Ныр æй афтæ- мæй æрбаййæфтой Мысост, Арыахан æмæ Ахбердитæ. — Мæ хæлæрттæ, иу чысыл ма банхъæлмæ кæсæм Уариитæм, — бамбарын кодта Мысост, — æвæццæгæн, сæ тагъд ардæм хъæуы. Диссаг куыд нæ у, æвæдза, адæймаг йæ бирæ ми- ниуджытимæ. Нæ дæр Азау, нæ дæр Мысост схъæр код- той Аминæтæн, «Сæуæхсиды» колхозмæ Азау сæрдарæй ацæуынмæ разыйы дзуапп кæй радта æмæ абон уыцы фарст уым кæй лыг кæнынц колхозонтæ. Уæдæ Хæсанæ дæр никæмæн загъта. Тарст, миййаг æй куы нæ равза- рой, уæд æй, ома, рагацау -цы цит-цит кæнон. Кæд уьгйбæрц нæдзурыны фæстæ Арысхан æмæ Мы- состæн уыд цæуыл дзырдтаиккой, уый, уæддæр ныхас раидыдта Ахберд. Æмæ та йæ райдыдта Зилгæдоны тъæпæнæй. Арысхан хъæлдзæгæй бакаст Ахбердмæ æмæ йын афтæ бакодта: — Мæрдты рухчсаг уа Хетæгкаты Къоста, æвæццæ- гæн, дæу тыххæй фыста «Рынчынæн, дам, æдзухæй дæр йæ низы хатт — йæ дзуринаг». 1 — Ай, гъай, бæгуыдæр, мæ хуызæтты тььххæй. 406
Хæдзары иннæ къуымы фæрсæй-фæрстэам æрбадтыс- ты Дзæка æм,æ Аминæт æмæ, сыфтæртау, сыбар-сыбур кодтои. — Зилгæдоны тъæпæньг тыххæи, — сабыр райдыдта Мысост, — уе ’нæзонгæ нæу Мæрзойы фырты хъуыды. Афтæ -мæм кæсы, æмæ йыл ацы хатт пыхсæй ауæзт нæ, фæлæ сараздзыотæм бетонæй ахæм ауæзт æмæ ивылд дон нæ, фæлæ здыйы зæй куы ’рцæуа, уæддæр æй куыд нал атона. — Мæ тæикæ зæрдæхæларыл мæ ссардтат æмæ тæрсын байдыдтон, ацы хатт «нæ» куы нал зæгъон, уьимæй, — йæ сæрыл ноджы бæрзонддæр схæцыд Арыс- хан. Сæхимæ хъæлдзæгæй фæзындысты Ирæ æмæ Хæ- -санæ иу къорд æмбалимæ, уыдонимæ та Дзæйнæт æмæ Дзибыл дæр. Уайтагъддæр Дзæпнæты къухы февзæрд ирон фæн- дыр æмæ зымæджы ’хсæвы райхъуыстысты зæрдæйæн æхцондæттæг мыртæ. Уынджы ’рдыгæй æрбайхъуыст машинæйы уасын. Уарийы хъустыл куы ауадысты фæндыры зæлтæ, уæд афтæ зæгъы: — Нæ уæлахиздзинад сæ уырныдта æмæ ны’л музы- кæимæ æм’бæлынц. — Æппынфæстаг фæзындысты! — йæ бынатæй фес- тад Мысост. Уый уæдæй нырмæ дæр æрхъæцмæ нал хъæцыд, какон сындзытыл’цыма бадт, йæхи афтæхатыд. Мысостæн, «æнæбафæрсгæйæ, Уарийы хъæлдзæг æн- гас дзырдта, хъуыддæгтæ рæвдз кæй ацыдысты, уый. Азау куы ауыдта Мыоост æмæ Арьгсханы машинæ- йы размæ, хъæлдзæгæй рауайгæйæ, уæд дисы бахауд- та. Сæ хæдзары куы,фæмидæг æмæ цæттæ фынг куы ауыдта, ноджы йæ мады Дзæкаимæ, сусу-бусугæнгæ, уæд ’цавæрдæр тæ’сæй йæ зæрдæ срыстис. Фынфенæгау æм ка-сти æппæт дæр. Иннæ уатмæ кæуылты йæхи айс- та, уый нал базыдта, Диваныл йæхи æруагъта. йæ хъуыдытæ йын асайдта фæндыры цагъд, Хæсанæ. ^тари ракодта «Сæуæхсиды» колхозы æмбырды ха- бæрттæ. Азауы сæрдарæй кæй равзæрстоп, уый ам цы -адæм уыд, уыдонæн бирæтæн æхсызгон уыд^ бирæтæн ^07
та—хъыг. Уый тыххæй нæ æмæ йын ахæм бæрнон бынаг сæ цæст нæ уарзта. Нæ. Хъыг сын уыди хъæубæстæ ахæм ахсджиаг кусæгæй æнæхай кæй баззад, уый тых- хæй. Аминæт хабар куы базыдта, уæд иннæ уаты фæми- дæг æмæ йæ чызгыл ныттыхст. — Ме ’мбæхстзæрдæ чызг, цьима де ’схæссæг мад нæ дæн, афтæ мæ æмбæхсыс дæ хъуыддæгтæ. Фæлæ цы загътаид Азау йæ медæн. Йæ уæнгтæ ца- вæрдæр циндзинады тасæй рызтысты. — Мæ къонайыл, уазал дæ бацыд, æви? — Цы кæнын, уымæн мæхæдæгдæр ницы зонын. Зо- нын уый æмæ мæ фыр тыхстæй мæхицæн бынат иал арын... Азауы уатмæ æрбаи<алдысты йе ’мбал чызджытæ æмæ йын арфæтыл схæцыдысты. Бæрæчет фынджы уæлхъус æрбадтысты Ахберд æмæ Уари, уыдон фæйнæфарс Мысост æмæ Арысхан кæрæ- дзийы комкоммæ, стæй уыдонæй дæлæмæ та куыд хис- тæрæй. Ахберд йæ къухмæ райста дзаг цайцымæн æмæ, адæ- мыл йæ цæст ахæсгæйæ, бафарста: — Цин кæнæм, цин, фæлæ кæуыл цин кæнæм, уы- дон ма .м.ын нæ размæ ракæнут. Фæсивæд уайтагъддæр Хæсанæ æмæ Азауы æрба- мидæг кодтой фынджы цурмæ. — Цæй, амондджын бынат уын фæуæд уæ дыууæ- йæн дæр. Адæмы уарзон ут. Адæмы рисы сæрты цы ни- куы ахизат, сæ ма-ст сын уæ зæрдæтæм арф цы хæссат» сæ циныл цин цы кæнат, ахæм хъару уæм уæд. Хъæз- дыг æмæ амондджын царды хуыздæр бæрæггæнæн у бæрзонд хорæрзад æмæ уæ куыстуарзаг 1къухтæй цы зæхмæ бавналат, уым фарны быдыртæ гуырæнт. Уæ дыууæйы дард æмæ амонды тыххæй! Амонды коймæ Азау æмæ Хæсанæйы хъустæ ссыгъ- дысты. Ахберд рагæй зыдта Азау æмæ Хæсанæйы ахаст, кæрæдзийæн аккаг кæй уыдысты, уый. Фæлæ сæ ньгй- йарджытæ æттæг-^мидæг куы ауадысты, уæд æпхъæлмæ каст, уыдон бафидауынмæ. Æмæ ныр дæларм-уæларм’ 408
куы бадынц ныййарджытæ, уæд ма йæ ныхæстæм аф- тыдта: — Мæ хуртæ, мæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсут, -æви мын иу чындзæхсæв хæлæг кæнут. Азау æмæ Хæсанæ бынтондæр ныфоæрмы сты. Ах- берд бакаст Мысост æмæ Арысханмæ, стæй та Аминæт æмæ Дзæкамæ. Уыдон сæры тылдæй разыйы дзуапп лæвæрдтой. — Мæ зынаргъ Аминæт, мæ »карæн зæронд лæг дзæ- гъæлдзых нæ вæййы, стæй йæ фæсивæдимæ дæр уа- диссаг хъуыддат нæй. Фæлæ, Уари, ныхас куы цæуа адæймаджы амондыл, уæд хъуамæ ахæм хъуыддагмæ фæрсаг лæджы цæстæй ма кæсæм. Ацы дыууæ уарзон сыхаджы фæхылысты асæрды æнæхаиры машинæты ко- лоннæйы тыххæй, æхсæнадон хъуыддаджы тыххæй æмæ уыцы хыл æрбацыд хæдзары бинонты ’хсæнмæ. Фæриссын кодта сæ цоты зæрдæдæр. Ныр, табу хуыца- уæн, ныййарджытæ чысыл «фæзондджындæр сты», Ба- фидыдтой. Фæлæ кæд бафидаудзысты цот та? — Мах никуы фæхылыстæм! — тыхæмхасæнты дзу- рын сфæрæзта Хæсанæ. — Уæдæ уый та ноджы хуыздæр. Фæлæ уьш кæй загътон, уый уæ рох м>а уæд. Æнхъæлмæ уæм кæсын. Тынг зын уавæры сæ æрæвæрдта Ахберды ныхас, Фæлæ сæ «о» дæр æмæ «нæ»- дæр зæгъын ничи бафæ- рæзта. Зындзинадæй сæ ’фервæзын кодта Ирæ. Уый Азау æмæ Хæсанæйы цæнгтыл æрхæцгæйæ, загъта: —Азау æмæ Хæсанæ никуы фæхылысты. Æрмæст æнхъæлмæ кастысты ацы амондджын сахатмæ. Æмæ ныр иугæр нæ ныййарджытæ бафидыдтой, уæд мах су- сæг фидыдæй уæлдай нæ уыдыстæм. — Æз Азауæй хуыздæр чындзаг цырагъырухсæн дæр никуы ссардзынæн! — нæ чызджы ныхасмæ йæ дзырд баппæрста Дзæка дæр. Азау цалдæр хатты хъавыдис æттæмæ алидзынмæ. Фæлæ йæ Ирæ 1кæм ауагъта. Сегасæй тынгдæр æфсæр- мы кодта Уарийæ/ — Кæд сæ нæ фæнды, уæд сыл цы ныттыххæй стут, уый бæрæг нæй! — хъазæн ныхас баппæрста Уари, стæй фидарæй загъта: — Азау, аизæр дæм æмбырды цы 409
хьару уыдис, æдзухдæр дæм ахæм хъару куы уынин, уæд дæ уæлдай бузныгдæр уаин. Азау бамбæрста Уарийы ныхас, ныфсджындæр уæ- вын дзы кæй домы. — Ныййарджыты куыддæриддæр фæнды, афтæ! — загъта Азау æмæ иннæ уатмæ йæхи атыдта . Фынгыл бадджытæ бирæ æппæлды æмæ цæстуарзон ныхæстæ зæгъгæйæ, банызтой дыууæ уарзоны цард- амонды гаджидау. 4 Зилгæдоны тъæпæп цы цыппар колхозы ’хсæн уыд, уыцы колхозонтæ сæ иумиаг æмбырды рахастой сæр- магонд уынаффæ канд платинæ нæ, фæлæ Зилгæдоны тъæпæнмæ машинæтæ кæуыл цыдаиккой, ахæм хид са- разын дæр. Арæзтадон æрмæг цæттæгæнæг бригæдтæ рахицæн кодтой канд «Уæлахиз», «Размæ» нæ, фæлæ æппæт сыхаг колхозтæ дæр. Гъе, фæлæ Сæуæхоиды номыл колхозы сæрдар Æхсараты Азауы Зилгæдонмæ не ’вдæлдис. Уый цы паплойгонд колхозон хæдзарад райста, уыимæ бæл- вырддæр куы базонгæ, уæд йæ сæры хъуынтæ арц сбад- тысты. Колхоз цалдæр азы дæргъы паддзахадмæ хор’- дæттыны плантæ æххæстæй никуы бафыста æмæ йыл бирæ хæс сбадти. Колхозы кусæг фос азæн-азмæ æх- хормаг æййæфтой æмæ раууатмæ цыдысты, иу стæмты йеттæмæ сæ уалдзыгон куыстытæн ничи бæздзæн. Фаг холлаг сын не ’рцæттæ кодтой ацы аздæр æмæ сæ ныр æмбис зымæг быдырмæ тæрынд, нартхæртты зæххыл цы æнæкарст хъæллæтътæ баззади/ уыдонмæ. Хъуццы- тæй афтæ зæгъæн ис æмæ сæгъты бæрц æхсыр нæ дæт- тынц. Уымæй хъугæй, фысæй — иууылдæр низæфхæрд- ты хуызæн дзой-дзой ’кæнынц. Бирæты дзы сæ къæдзи- лæй стын бахъæуы. Азау зылдис иу къорд партионимæ, уыдонимæ та Ботаз дæр, æмæ бæрæг кодта колхозы хæдзарады уа- вæр. Фермæты агъуыстытæ уыдысты æдзæллаг. Бирæ- ты рудзгуытыл сæ æвгтæ дæр нæ уыд æмæ сæ уазал дымгæ футт ласта. Колхозы кусæнгæрзтæ куы ’бæрæг. кодта, уæд ба- зыдта гутæтты, поцхиты, культиваторты фылдæр хай ахъаззаг ремонткæнинаг кæй у. Афтæмæй та колхозы 410
куырдадзы дуар æдзухдæр æхгæд вæййы. Й,æ цæсты- тыл ауадысты «Размæйы» æмæ «Уæлахизы» куырдæдз- тæ: кæддæриддæр сæ цурты фæцæйцæуам, сæ хъæсдар- джыты дзинг-дзинг æдзухæйдæр фæхъуысы. Уый фæстæ зылдысты хæдзари-хæдзар æмæ бæрæг кодтой хорхъуаг бинонты. Хъæубæсты ’хсæн æфстау хорæп чи цæры, ахæмтæ разындис æртын фондз хæ- дзары. Базыдта хуымгæнд зæххыты уавæр. Колхоз фæззыгæнд байтыдта ’ хæрз чысыл. Уымæй дæр хуым- тæ не ’сеыгъдæг <кодта, нæ сæм аласта хъацæнтæ. Уæв- гæ йып Ботаз куыд бамбарын кодта, афтæмæй, хъа- цæнтæ æртæ азы дæргъы, рагацау-иу цы сплан код- той, уый æмбис дæр нае ластой. Ботаз разындис стыр зæрдæхæлар адæймаг. Цы- дæриддæр хъуыддаг бæрæг кодтой, сæ алкæйы тыххæй дæр сæ дзырдта æмæ дзырдта. Уымæй, бирæ хъуыд- дæгты йæ зонд кæй бæззыд, хæдзардзин лæгау, хъуыд- дагджын ныхæстæ кæй кодта, ууыл Азау фидарæй æу- уæндыдис. Афтæмæй та йæ. саеодарæй куы ’взæрстой, уæд æм Ботаз фæкасти мæстыгæр адæймаг. О, фæлæ Ботаз мæстыгæр дæр нæ уыд æмæ бирæ дзурын чи уарзта, уыдонæй дæр. Фæлæ федта, ног сæрдар, -хъуыддаг арф чи æмбары æмæ йæ хорз ранæй чи райдыдта, ахæм кæй у, æмæ йæ фæндыд уымæн бах- хуыс кæнын, йæ фарс æрлæууын. Азау уæлдай тынгдæр :йæ хъус дардта, сæ дарджы- тæ хæсты кæмæн фæмардысты æмæ афтæмæй колхозы куыстмæ чи цыдис, уыцы сылгоймæгтæм. Иу сидзæргæ- сы баййæфта кау сæтгæ. Азау æм сдзурынмæ хъавы- дис, дзæгъæлы сæттыс кау, зæгъгæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыди. Мидæмæ сæм куы бацыд, уæд уазал хæ- дзары уындæй йæ зæрдæ барызт. Æнахъом сабитæ æр- тыгуырысты, мынæг рухс чи кодта, уыцы къала пецы алыварс, цыма дзы цы чысыл зынджы ’муртæ æрттыв- той, уыдон гæзæмæ хъармæн алидзьшæй тарстысты. Æмæ та Азауæн ногæй сæхи хъæу йæ зæрдыл æрлæу- уыд. Мæнæ ацы æнахъом сабиты хуызæн уыд кæддæр йæхæдæгдæр. Иу суджы къæцæл дæр сæм нæ уыд, Фæ- лæ сæ иу зымæг дæр Ахберд æнæ суг нæ ныууагъта. Æрбахаста сын-иу цæкуыйаг нартхæрттæ. Уæдæ Хæеа- 411
нæ фронтæй куы ’рцыд, уæд æппæты фыццаг æрæх- гæдта сидзæргээс Фарийы цæхæрадоны алварс. Ау, æмæ уæд ацы хъæубæсты, ’а-цы сидзæргæсты маст кæмæ бахъара,, ахæм адæм нал ис, æви.цы хабар у? Æнæмæнг дæр ис, фæлæ, æдæццæгæн, рохуаты баззадысты æмæ семæ куыд æм’бæлы, афтæ куыст нал уыд æмæ ахæм рæстæджы та адæймаг кæны дæрзæг зæрдæ. Иу цал- дæр хæдзары дыгай-æртыгай лæгты баййæфта минас- гæнгæ. Стæй минас дæр хуьшæтæджы .нæ, фæлæ бад- тысты дзаг фынджы уæлхъус. Сæ фынгтæм сын бакас- тæ, уæд фенхъæлдтаис, зæгъгæ, адон ’бадынц горæты стырдæр рестораны. Сæ разы уыд зынаргъ калбасы æмæ цыхты кæрстытæ хицæн тæбæгъты, лывзæ карчы фыдæй, дзадджын уæливыхтæ, иу цалдæр æрдæг нозг уырыссаг арахъхъы æвгтæ. Азауæн йæ маст ратеыст. Сидзæр сывæллæтты тæригъæдтаг уавæр та йæ цæсты- тыл ауад æмæ сын чысыл ма бахъæуа, бауайдзæф кæ- на: «Цымæ пыр сидзæрты хъуагæй кæй хæрут, уый уæ фарсæй цæуылнæ кæны». Фæлæ сьгн уый зæгъыны бæс- ты афтæ бакодта: — Адон ницы цух сты, мах æххуысы сæр сæ нæ хъæуы. — Табу-хуыцауæн, нæ къæхтыл цæуын хъом стæм нырма! — загъта фынгыл уæлейæ чи бадтис, уый. Уый фæстæ йын Ботаз куыд бамйарын кодта, аф- тæмæй уый уыдис хъæуæй горæды базармæ сæрмагонд фæндаг чи окодта, колхозы ’куыстæй та йæхи иувæрсты чи са’йы, уыцы Дзандар. «Æмæ æниу цæмæн цæуа кол- хозы ’куыстмæ. Дзабоимæ сын иу хæдон уæрæх уыд. Æрлыг ын кодта ^колхозы зæххæй иу гектары бæрц æмæ йæ сыгъдæг сæндон фестын ,кодта». Дзандары хæдзармæ кæсгæйæ, Азауы цæстытыл ауадис зынæф- сис Кæрæфбег. йæ чысыл блокноты Дзандары мыгга- джы ныхмæ ныффыста «уæлдай зæххытæ кæмæ ис, уыдонæн сæ байсын хъæуы». Æппæт хабæрттæ дæр куы сбæлвырдл- кодта, уæд дзæвгар сагъæстæ æмæ хъуыдыты -фæстæ фæсидти партионтæ æмæ фæскомцæдисонтæм. Радзырдта сын, колхозон хæдзарад йæ къахыл сæвæрыны тыххæй пæм цы .Чъуыдытæ уыд, уыдон. 412
— Парти æмæ нын Советон хицауад нæ размæ æвæ- ры ахсджиаг хæс! — райдыдта цыбырæй йæ ныхас Азау, — нæ колхозон хæдзарад цыбыр æмгъуыдмæ сындидзын кæнын. Хæдзарад та ис æдзæллаг уавæры, æмæ йæ цæмæй ногæй йæ къахыл слæууын кæнæм, уый тыххæй хъæуы æнæмæнгдæр ахæм уавæртæ: Колхозы æххормаг кусæг фосæн хъæуы холлаг са- малкæнын, æвæстиатæй сремонт хъæуы кусæнгæрзтæ. Колхоэмæ цы тауинæгтæ ис, уыдон хæрзгъæд не сты æмæ сæ баивын хъæуы хæрзгъæд тауинæгтæп. Хуым- гæнды зæххытæ сты мæгуыр æмæ сæм рагацау аласын хъæуы хъацæнтæ. Фосы фермæтæ, быдыры стантæ сты æдзæллаг уавæрты. Рахицæн хъæуы сæрмагонд арæз- тадон бригад æмæ сремонт хъæуы æвæстиатæй фермæ- тæ, уый фæстæ стантæ. Колхозы кусæг тых фаг нæй, афтæмæй та сывæллæтты кæвдæс æхгæд æрцыд. Бай- гом æй хъæуы. Бирæ бинонтæ тыхст сты хорæй, фæкæ- сын -сæм хъæуы. — Азау иу чысыл йæ -цæстытæ систа блокнотæй æмæ фæсивæды ’рдæм бакаст. — А, иннæты тыххæй ни’цы дзурын, фæлæ сымахæн та худинаг нæу? Куыд ферох кодтат сидзæргæсты? Зæгъæм, хойрагæй сын уæ бон баххуыс нæу, фæлæ сын сугтæ ’рласын дæр уæ бон нæ уыд? — Цæмæй, цæмæй, Азау? Нæ галтæ æмæ бæхтæ сæ къæдзилтæй куы стын кæнæм, уæд? — Кусæг фосыл дзырд нæ цæуы, фæлæ лæгдзо- ныгътыл. Адæймаджы риуы уæд зæрдæ, уы.й йеттæмæ баххуысæн кæддæриддæр ссардзæн фадат, фæлæ æгæр раджы дæрзæг кæнын байдыдтой уæ зæрдæтæ." Ныр та рахизон, фæстæмæ цы бакæнын нæ хъæуы дарддæр, уьимæ. Бирæ колхозонтæ формалон æгъдауæй хæссынц колхозонты ном. Колхозон арæзтадимæ сын, афтæ зæ- гъæн ис, æмæ иумæйагæй ницы ис. Базар сын сæ цар- дæй адджындæр фестад. Уымæй æнæзакъонæй бацахс- той колхозон хуымгæнды зæххытæ æмæ дзы сæхицæн дыргъдæттæ сарæзтой. Æвæстиатæй фæсурын хъæуы колхозæй, алы ’фсæнттæй куыстæй йæхи чи ласы, уы- дон. Баисын сын хъæуы сæ зæххытæ дæр. Йæ »бон уæв- гæйæ, колхозæн пайда чи нæ хæссы, ахæм уæнгтæ йæ нипæ^мæн хъæуынц. 413
Азаумæ чи хъуыста, уыдонæй бирæты цæсгæмттæ фæирд сты. Бæрæг уыдис фæстаг ныхæстæ сын æхсыз- гон кæй уыдысты. — Афтæ сты цыбырæй мæ хъуыдытæ. Курын, алчи дæр уæ зæгъæд йæ фæндон. Уæдæй нырмæ Азаумæ цы адæм хъуыстой, уыдо- нæй бирæтæм раст иаст иу хъуыддаг: ома уæлдæр цы хъуыддæгтæ раньшадта, Азау, æнæ - уыдон колхозон хæдзарад не сындидзын кæндзыстæм. Фæлæ сæм ан- нæрдыгæй та Азауы хъуыддæгтæ фæкастысты "сæнттæ цæгъдæг адæймаджы ныхæсты хуызæн. Раст у: колхо- зы кусæг фос сты мæллæг, хъæуы сæ хос- Фæлæ зы- мæджы хос кæрдæн нæй. Колхозы фонды иу суари æх- ца нæй. Уый нæ, фæлæ ма нæхæдæг паддзахадæй хæс- джын стæм. Æмæ уæдæ æппæт уыцы хъуыдытæ сæнт- тæ цæгъдæг митæ несты? Адæм иудзæвгар ныхъхъус сты, стæй ныхасы бар райста колхозы 1куыст йæ уд- хæссæг кæмæн уыд, æдзух хъæуæй горæдмæ чи лекка кодта, уыцы Дзандар. — Æргом ныхасы къæм .наай æмæ дæм ме ’ргом ны- хас хъыг ма фæкæсæд. Зæгъгæ дæм комкоммæ нæ кæ- сын, мæхи цæстытæй дæ нæ уынын, уæд нæ баууæндис æххæст зонды хицау адæйм.аг <кæна ахæм ныхæстæ, ууыл. Дæ хъуыдытæ мын мæ зæрдыл æрлæууын код- той сыст æмæ æхсынчъы аргъау. Уым дæр сыст доны ныххаудта æмæ йæ æхсынкъ цæ,мæй фервæзын кодта- ид, уьгй тыххæй фæтахти хуымæ хъисмæ. Хуы йын хъис нæ радта, арвыста йæ гуыркъомæ, гуыркъо хъæрц- цыгъамæ, хъæрццыгъа каркмæ, карк жъутумæ, къуту мыстмæ, мыст гæдымæ,' гæды фыййаумæ æмæ афтæмæй дунейыл фæзылд æмæ цалынмæ се ’ппæтæй ракур- бакур кодта, уæдмæ сыст доны джиудта. Раст махыл дæр уыды аргъауы æмбисонд æркодта. Егыдыры фæр- сæм, цæуылнæ нын дæттыс хъæздыг тыллæг æмæ нын дзуапп дæтты: «Хъацæнтæ мæ хъæуы. Зæгъут галæн æмæ йыл хъацæнтæ æрласут». Галы фæрсæм: «Цæуылнæ ла- сы-с хъацæнтæ?» Æмæ нын дзуапп дæтты: «Лæгæн зæ-- гъут æмæ мын сæрды хос ныккæрда». Афтæмæй ца- лынмæ хосгæрдæн ралæууа, гал фæхиза æмæ йæ къæх- тыл слæууа, уæдмæ быдырмæ хъацæнтæ аласын æмæ 414
уалдзыгæнд бакæнын нæ бон нæу. Гъе, уый сыст æмæ æхсынчъы аргъау нæу æцæгæй дæр? Куы зæгъын, дæ хорз хъуыдытæй æрмæстдæр иу хъуыддаг у нæ бон баххæст кæнын — сидзæргæстæн лæгдзоныгътыл суг æрласын. Гъемæ, табуафси, ды нæ разæй, афтæмæй сын тæккæ райсом æрласдзыстæм. — Æппынфæстаг иу хъуыддаджы ныхас загътай — мæстыйы бæсты, цыма йыл ыстыр циндзинад еæмбæлд, афтæ фæкодта Азау. — Тæккæ райсом сын æрласдзыс- тæм. Гъе, фæлæ иууыл уыцы дзурæджы хуызæн уæлæн- гай нæ ахъуыды кодтой Азау сæм цæмæн фæдзырдта, ууыл. Уыдонæй бира^тæм дзырдта йæ сыгъдæг цæсгом, кæй сæм æнхъæлмæ кæсы æххуышæ, æмæ цы фæнды зын уавæрты дæр сæ сæр кæм хъæуы, уым бакуеынмæ уыдысты цæттæ. Нæ фæсайдта йæ ныхас Азау. Дьжкаг бон, йæхи хъарм скæнгæйæ, иу роггомау фæрæт йæ дæларм, аф- тæмæй хъæубæсты фæсивæдимæ араст хъæдмæ. Фæси- вæд сæхæдæг федтои лæджы куыст кæй кодта Азау, уый. Бирæтæ дзы сæхиуыл æрхудтысты, æнæ Азау дæр уьщьг хъуыддаг сæ бон уыд бакæнын æмæ йæ кæй нæ бакодтой. Хъæубæстæй йæм бирæтæ бузныджы цæстæй акастысты. Би^æтæ та йыл былысчъилæй худтысты: «Æвæццæгæн æй ничи куры æмæ йæхи адæмы цæсты цæмæйты ахадын кæны». Фæлæ ^ахæм ныхæстæ Азауыл нæ ныхæстысты. Азау фехъуыста окъоламæ кæй ис æвг- тæ æмæ директоримæ баныхас кодта, рапста сæ æфс- тау æмæ стур фосы фермæйы рудзгуытыл сæвæрдтой æвгтæ. Уы-й фæстæ ацыдис районмæ Хестанты Уари- имæ баныхас кæнынмæ. Уари лæмбынæгæй фехъуыста Азауы ныхæстæм, стæй йæ бафарста: — Гъе ныр зæгъ, цы домыс? — Домгæ нæ кæнын, фæлæ курын, æххуыс. Стæй чысыл æххуыс нæ, фæлæ бирæ. «Уæлахиз» æмæ «Раз- мæйы» колхозты разамындимæ мæхæдæг баныхас кæн- дзынæн. Фæлæ мæ районæй дæр хъæуы æххуыс. Хъæ- уы мæ цæмæйдæриддæр баххуыс кæнын уæ бон у, уы- донæй алцы дæр. 415
— Гъе, фæлæ дæ уæддæр цы ахсджиатдæр хъæуы? — Цыдæриддæр мын радтат, нæ ницæуыл зæгъдзы- нæн. Фæлæ мæ уæддæр сæйрагдæр хъæуы тауинаг. Колхоз цы тауинæгтæ нывæрдта, уыдан еыгъдæг не сты. Стæй сæ куы ссыгъдæг кæнæм, уæддæр хорз мыггаг не сты. Курын баныхас кæн райбанчы сæргълæууæги- мæ. Æз ныхас кодтон йемæ æмæ мæ, фыдсыл усау, загъды бын фæкодта. —Фыдсылæй хъаджджын нæу,- фæлæ сæрæн дæр аф- тæ у, — раппæлыд Уари райбанчы сæргълæууæг Теб- лойты Косерæй. — Нырыуонгдæр, дам, «Сæуæхсиды» колхозæн æфстау цы æхца фæлæвæрдтон, уыдон дæр, дам, кæд бафиддзыстут. Уæ цæсгом та ма, дам, куыд хъæцы ног æфстау .курын? Æви, дам, хъуамæ ныр сьгмах тыххæй тæрхондоны раз æрлæууон. — Æмæ дæ щас хъæуъг, кæнæ дзы цас куырдтай? — Æппынкъаддæрæй 150 мин сомы. — Æхца афтæ бирæ уарзыс, уый æнхъæл нæ уыд- тæн. —Нæ уарзын, фæлæ мæ кæд хъуыддагмæ арвыстат, уæд мьш фьщцаг аз баххуыс кæнут, уый фæстæ уæ нæ батыхсын кæндзынæн. — Кæд еусæг хъуьгддаг нæу, уæд цæмæн хъæуы уый бæрц æхца? — Табуафси, ницы оусæг кæнын. Ныхас кодтон пар- тионтæ æмæ фæскомцæдиеонтимæ. Афтæ мæм кæсы, цьима кæрæдзи бам’бæрстам. Фæлæ лæгдыхæй цы ба- кæнæн ис? Колхозы хъæуы кусæг фос. Махмæ та ку- сæг фос нæй. Æхца мæм ис, зæгъгæ уæд арвитин Кæ- сæлмæ, гъе та мæхæдæг дæр фæцæуин, балхæниккам бæхтæ. Стæй мын, чи зоны, ам нæхимæ колхозтæй дæр иочи рауæй кæнид кусæг фос. Цы фос нæм ис, уыдонæн балхæнын хъæуы холлаг, науæд сыскъуыйдзысты. Ре- монтгæнæн бригадтæн скæнын хъæуы уавæотæ, иум-иаг хæлцы хъуыддаг та тынг æлуыдзæг уавæрьг ис. Дыргъ- дæттæм базилын хъæуы афоныл. Уалдзæг куыддæр æр- балæууа, афтæ байтаудзьгстæм халсар, байсдзыстæм базаргæнджыты зæххытæ æмæ горæты цæрджыты пæ халсар æмæ дыргъты бын фæкæндзыстæм. 416
Уари хъуыдыты аныгьуылд, фæлæ <йæм Азауы ны- хæстæ раст фæкастысты æмæ телефоны трубжæ еиста, бадзырдта райбанчы сæрдар Косермæ. Уари цæй тых- хæй дзырдта, уый куы бамбæрста, уæд бæрæг уыд тынг кæй загъд кодта, уый. Телефоны трубкæйы хъуыст иугæндзон хæр-хæр. Афтæ ма фæхæр-хæр кæны йæ хъуыртæ фырнозтæй кæмæн барæсийынц, æмæ тых- дзырд чи фæкæны, уыцы адæймаг. Фæлæ йын иугæр Уари сабырæй куы бамбарын кодта, зæгъгæ, дæ кæд фæнды æмæ ивгъуыд азты тых- хæй цы хæстæ дарынц, уыдон дæр райсай, уæд ма сын ацы хатт радт æхца. Косер сразы Уариимæ, æрмæст æмбисы бæр«ц. Уы- мæй дæр æрмæджы æхцайæ зæрдæ бавæрдта къуыри.- йы æмгъуыдмæ. Азау бузныджы цæстæй бжаст Уари- мæ: — Цæй, куыд, дæ сидзæргæстæ ма уазал сты?— афарста йæ Уари. — Нал! — бахудт Азау, æмæ йæ зæрдыл æрбалæу- уыдис миты хъæпæны æд дзоныгъ чи нынныхст, уыцы лæппуйы куыд сластой, уый. Азау мæнæу æмæ нартхоры тауинæгты иу хай райс- та районы селекцион станцæйæ, иннæ хай та «Уæлахиз» æмæ «Размæйы» колхозтæй. Районы банкæй цы ’хца райста, уыдоны иу хайæ балхæдта бæхтæ æмæ галтæ. Сарæзта кусæг бригадæтæн хъæугæ фæрæзтæ. Сæхи хъæуккæгтæй цалдæримæ дзырдта. «Сæуæхсиды» кол- хозæй иуæй-иутæ хорхъуаг кæй сты æмæ сæ куырдта æфстау хор. Бирæтæ йын йæ къух ацарæзтой. Цы хор æрæмбырд кодта, уый байуæрста тыхстдæртыл. Горæ- ты уыд колхозы завхозимæ æмæ (балхæдта алыхуызон халсæртты тауинæгтæ, хъæубæсты фæсивæдæн та — ирон фæндыр. Æмæ кæд бонизæрмæ иуран æнцой нæ зыдта, уæддæр-иу æй изæрæй арæх фенæн уыд колхо- зы клубы. Ацагъта-иу сын фæндырæй дæр. Адæм ыл афтæ фæцахуыр сты æмæ йæ дзырдыл дыууæ ничиуал дзырдта. Алчидæр баууæндыд Азауы æнувыддзинадыл æмæ йæ ф-æдыл ацыдысты. Рагуалдзæг куы ралæууыд, уæд сæ, иннæ хæттытау, æгуыдзæгæй нал æрæййæфта. Колхозонтæй-иу кæмæ- 27* 417
дæриддæр бадзырдтой, рацу кусынмæ, зæгъгæ, уыдо- нæй-иу стæмтæй фæстæмæ «нæ» ничи загътаид. Цыма сыл стыр хорздзинад сæмбæлд, сæхи афтæ хатыдысты хъæубæсты адæм. Гъе, æрмæст, ра;гуалдзæг Азау сæ уæлдай зæхяы фадгуытæ кæмæн æрлыг кодта, стæй сæ бынтондæр кæмæн байста,- уыдон æм тынг мæсты код- той. Фæлæ сæ маст ныхъхъуырдтой. Æмбæрстой Азауы фарс каид районы разамонджытæ не сты, фæлæ хъæу- бæсты фылдæр хай дæр. Уалдзæг хуым кæнын куы райдыдтой, уæд Азау зылд, уыдта; хæрзгъæд хуым кæнынц, æви, нæ. Сайæн куыстгæнгæ иокæйы баййæфта, уæд дæ фыдгул афтæ— адæмы-иу æм æркæсын кодта. Дæлвæзы* иу æрыгон тракторист Зауыр, зæгъгæ, йæ ном, уæлæнгай аскъæрд- та гутæттæ. Афæлдæхта дыууæ нормæйы. Изæрæй д’зы МТС-ы тынг æппæлыдысты. Уымæй ма æртаг дзæвгар сфæсауæрц кодта. Азауæн дæр æхсызгон куыднæ уы- даид, фæлæ уьгцы бон йæ къухы нæ бафтыд Зауыры хуымгæнд фенын. Дыккаг бон йæ фæндаг акодта ууыл- ты. Зауыр тражторыл хуым кодта. Дардмæ Азауы куы ауыдта, уæд арф аскъæрдта йæ гутæттæ. Азау æм куы ’рбахæццæ æмæ арф конд зæхх куы ауыдта, уæд ын тынг æхсызгон уыд.„ Абарста хуымгæнды арф "æмæ рæстæмбис нымадæй æртæ сантиметры арфдæр уыд. Раппæлыд лæппуйæ. Æмæ ацыд хуымгæндыл цæх- гæрмæ. Иу цалдæр къахдзæфы æттæдæр та ногæй абарста хуымгæнды æрф æмæ масты дзæкъул фестад. Нæ баууæндыд йæхиуыл. Ацыд ноджы дарддæр æмæ та уым дæр абарста. Уым дæр уыд уæлæнгай конд. Аф-. тæ хуымгонд уыд, Зауыр бон раздæр кæй бакодта, уый дæр. Азау раздæхт фæстæмæ, бауыромын кодта трактор æмæ мæстыиæ бафарста Зауыры: — Ды тракторист дæ, æви цæстфæлдахæг? — Цæмæн афтæ зæгъыс? — цьгма ныхас цæуыл цæ- уы, уый нæ бамбæрста, уыйау баф^арста Зауыр. — Кæй сайыс ды, ахæм -цæстфæлдахæн куыстæй? Тæккæ абон æй райдай ногæй кæнын. Æмæ мæнæ ацы иунæг хаххæй уæлæнгаидæр у, уæд-иу нæ фехъуыстон ма зæгъ!!! Æз та уал дын дæ директоры фенон æмæ 418
ацы æм^бисонды куысты де ’мбæлттæн фенын кæнон!— Азау йæ фæндаг акодта МТС-ы бæстыхайы ’рдæм. Зауыр хуымгæнды зæхх ногæй бакодта. Карз æй бафхæрдтой фæокамцæдисон æмбыр^ы. Уалдзæгыл цæттæйæ сæмбæлдысты районы иннæ колхозтæ дæр. Колхозтæ цы арæзтадон æрмæг æрцæт- тæ кодтой зымæджы дæргъы, уымæй райдыдтой Зил- гæ доны тъæпæнмæ платинæ аразын. Арысхан цыма йæ ивтъуыд аххосæгтæ дæр ныр бараст кæнынмæ хъавыд, уьгйау æрвылбон дæр бæрæг кодта платинæ аразджыты. Кусджыты иннæ хай цæттæ кодта хид са- разынæн хъæдæрмæг. Иутæ цæджындзтæ амадтой, ан- нæтæ фæйнæг фастой., Колхозон быдыртæ æмызмæлд систы. Куыст сæ æхсьист цæджджинагау. Фæлæ уæл- дай тынгдæр змæлд уыд Зилгæдоны тъæпæны зæххыл. Зæххы фæзуат дуртæ æмæ къудзитæй куы асыгъдæг кодтой, уæд æй цыппар колхозыл æмхуызон адих код- той. Уæдмæ фæзындысты трактористтæ æмæ йæ фæл- дахын райдыдтой. Фарны уалдзæг райдыдта æппæт районы дæр. ХОРЫ БÆРÆГБОН 1 Бæркадджын сæрды фæстæ йæ рады бацыд сыгъ- зæрин фæззæг. Фароны гæбæр азы бæсты, æвæджиау хорз рæстæг ахаста æппæт куыстафонты дæр. Фæззæг йæ сойджын быдыртимæ бирæ циндзинад уагъта адæ- мы зæрдæты. Фарны районы зæххыты тыллæг, уæлдай- дæр та нартхор тугыл аскъуыд. Фæлæ иууыл диссаг- дæр та уыдис Зилгæдоны тъæпæн. Ам нартхоры зæнг- тæ афтæ бæрзонд-фæцыдысты æмæ сæ бæхджын лæг нал фæзындаид. Уькмæй алы зæнгыл дæр æрзæбул æр- тыгай, цыппæргай, иуæй-иу рæтты та фæндзгай дæр- гъæй-дæргъмæ нарст æфсиртæ. ’ Диссаджы куысты аз арвыста Ахберд. Æхсæвæй- бонæй йæхицæн бынат нал ардта. Ноджы Зилгæдонмæ фидар платинæ куы сарæзтой а-уалдзæджы, уæд ын цьша йæ фидардзинадыл гуырысхо кодта, гъе та йæ 419
уындæй не ’фсæст, уыйау-иу арæх йæхи байста уыцы ’рдæм. Ахберды звенойы уæнгтæ, ф;ароны халагъуды бынаты цы рæсугъд быдырон стан сарæзтой, уырдæм жрæмбырд сты иу къæвда бон. Ахæм быдырон стантæ сарæзтой Зилгæдоны тъæпæныл «Размæ», «Сæуæхсиды» .æмæ æндæр колхозтæ дæр. О, æмæ Ахберд та къæвдайы рæст&джы æрбадтис нлатинæйы цур. Æрра донивылд бæстæ йæ сæрыл хас- та. Фæлæ цыма йе ’ппæт тьгхтæ дæр платинæмæ æм- бырд кодта, æмæ сæ ууыл мæсты цæфтæ кодта, уыйау зынд Ахбердмæ. Змæст æмæ тыхджын улæнтæ-иу сæхи ныццавтой платинæйы бæзджын айнæг фæрстыл, фан- танау-иу хæрдмæ фæтахтысты, стæй та-иу фæстæмæ æр- хаудтой æдыхæй æмæ-иу доны хъæбысы æрбатары сты. Ахберд каст сæрыстырæй ивылд доны карз тохмæ æмæ æрра доны тæссаг абухынтæ мурмæ дæр чи нæ дардта, уыцы цæнгæт фарс платинæмæ. йæ цæстытыл уадысты æхсызгондзинад дæттæг, рæсугъд фынтау, царды æцæг нывтæ. «Адæм, адæм! Æмзонд, æмвæнд адæмы хъару хæхтæ, къæдзæхтæ дæр сæтты. Сбастам æндон рæхыс- тæй ахæм æрра’доны æмæ йыл фæтæн хид- сарæзтам!». Тæрккъæвдамæ донласт карчы хуызæн ныццис Ах- берд. Фæлæ йæ мурмæ дæр нæ дардта, йæ лулæ бай- дзаг кодта тамакойæ æмæ йæ æхсызганæй дымдта. Хид æмæ платинæ арæзт куы фесты, уæд районы адæм, стыр бæрæгбоны хуызæн, æрæмбырдысты доны былмæ. Ам уыдысты канд районы разамынд нæ, фæлæ республикæйæ дæр бирæтæ: газеты уацхæсджытæ, фысджытæ, министрады ’кусджытæ, стæй Мæрзойы фырт дæр. Арфæйы ныхæсты сдыдтой районы фæллой- гæнджыты æмуддзинад. Æппæлыдысты Хестанты Уари æмæ Æхсараты Мысостæй. Фæлæ уæлдай тынгдæр Ах- берды зæрдæ бацагайдтой Уарийæн йæхи ныхæстæ. Уый Фарны раианы æппæт куыстæн аргъ кæнгæйæ, йе ’ргом аздæхта Ахбердмæ æмæ йын уый æппæт адæмы раз загъта: «Нæ зынаргъ Ахберд, уæлдайджынтæй баххæст, цæргæ-цæрæнбонты дæ зæрдæйы, стыр хæзнайау, цы бæллиц фæхастай, уый. Абон Зилгæдоны тъæпæнмæ канд фидар платинæ нæ сарæзтам, фæлæ фæтæн хид 420
дæр. Ныр та каст сымахмæ у. Кæд Зилгæдоны тъæпæн барвæндонæй нæ дæтта йæ хъæзныгдзинад, уæд ы«н æй тьгхæй байсын хъæуы. — Гъай-гъай, тыххæй! — разы уыдис Ахберд Уари- йы нъгхæстыл. Сæрды тæккæ æнтæфы дæр Ахберд, æнæуи дæр æн- цой чи нæ зыдта, уыцы фæсивæды тынгдæр разæнгард кодта йæ звенойы хорз куыстæй. Сæ зæххы хаймæ уагътой дон, зылдысты æдзухдæр сæ къæпитимæ нарт- хæртты рæнхъытыл, миййаг оæ дон цух мачи баззайæд, зæгъгæ. Нартхор сцæттæ æмæ ныр сыгъзæрин фæззæг цып- пар колхозы бавнæлдтой, бур денджызы хуызæн, дар- дыл чи ныззылд, уыцы Зилгæдоны тъæнæны нартхор тонынмæ. Ахберды звенойы фарсмæ ис «сæуæхсиды» колхозæй Ботазъг звено. Ахберд æмæ Бютаз кæрæдзи рагæйдæр хорз зыдтой æмæ ныр та тынгдæр схæлар сты æмæ сын-иу улæфты рæстæджы фадат куы фæци, уæд æнæкæрæдзи абæрæггæнгæ нæ фæлæууыдаиккой. Зæрдæйæ зæрдæмæ ньгхæсты сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ рауадис Æхсараты Азауы кой дæр. — Махмæ Азау цы бон æрбацыд, уымæн мæ уд йæ фæхъхъау. Уый уыдис фарны бон. Цы лæджыхъæд æм разынди, цы! Чи ма уыд уый æнхъæл, æмæ нæ кол- хоз искуы йæ къахыл слæууа. Бирæгъты хъуыры фæ- цæйирвæзти æгасæйдæр нæ колхозон хæдзарад. Хъæу- бæсты куы базыдтой, Азау банкæй афтæ бирæ æхца райста, уый, уæд, бауырнæд дæ, бирæты зæрдæтæ ба- рызтысты фыр тæсæй. Æнæуый дæр нæ хæстæй нæ хъуырмæ уыдыстæм æмæ ма ахæм стыр хæс та цаэмæн истам, зæгъгæ. Фæлæ йыл дызæрдыг куыд кодтам, ньгфс дæр нæ афтæ бауагъта. Лæгдзоныгътыл сидзæр- тæн суг чи ласта1, уыдон разæй йæ, та’бу дæ фарнæн, не ’фсин куы ауыдта рудзынгæй, уæд мæм хæрам цæсты- тæй æрбакаст æмæ мын бауайдзæф кодта: «Уый бæс- ты уын, нæ хъæуы лæгтæ, уæ мард куы ’рбацæйласид! Уæ иумæ нæ разынд уьий бæрц зонд æмæ хъару...» Уал- дзæг уыйбæрц халсар <байтыдтам æмæ диссаг! Уымæй нæ æрьюкъæфы хуьимтæм лæг кæсынæй не ’фсæст. Æн- гузы стæвдæн гагатæн сæ розæхуыз нарст æнгасмæ 421
цæст кæсынæй не ’фсæстис. Чыргъæдты сæ рæсугъд æвæрдæй горæты базармæ ластам не ’ннæ халсæртти- мæ. Адæм сыл хæлæф кодтой. Уыдонмæ гæсгæ ма ньш рæвдз æлхæдтой не ’ннæ халсæрттæ дæр. Фæстаг азты дæргъы фыццаг хатт уалДзæг æрхаста нæ колхозæн æфтиаг. Фæлæ ноджы фылдæр пайда та æрхастам нæ дыргътæй. Азау иу бон нæ цуры телефонæй бадзырд- та райбанчы хицаумæ æмæ йын афтæ: «Теблиуен, мæ бон у æмæ дын дæ хæстæ бафидон». Ныхас цыдис уымæй размæйы хæстыл дæр. «Фæлæ мын уæд мæ айвазæнтæ фæкъуындæг кæндзынæ. Фæл- тау уал дын зæранд хæсты бафиддзынæн, кæд разы дæ, уæд? »Зæронд хæстæ иууылдæр?» — цымыдисæи йæ афарс- та, уый. — Иууылдæр, уæдæ се ’мбис! — Гъæй, "дæ фæхъхъау фæуой дæ размæйы сæр- дæрттæ! — дзæбæх нæм райхъуыстысты трубкæйæ Теб- лиуены ныхæстæ. Бафыстам зæронд хæстæ. Цы ’хца ма нæм баззади, уымæн йæ дзæвгар хайæ балхæдтам арæзтадон æр- мæг. Тынг хорз сцалщæг кодтйм нæ фосы фермæтæ, са- рæзтам цалдæр ран силосы бынæттæ. Стæй нæм бирæ хор .кæй æрзайдзæн, уый цыма рагацау зыдтам, уыйау, сцалцæг кодтам нæ хоры къутутæ. Уалдзæг æмæ сæрд цы дыргътæ сцæттæ сты, уыдон горæты базары фæуæй кодтам, фæлæ фæззыгон дыргътæн иу цалдæр ран нык- кæндты сарæзтам фæйнæгæй тæрхджытæ. Колхозы къухты бафтыд уæзласæн машинæ балхæнын. Азауы бафæндыд Хъызлармæ ацæуын, фосы хизæнтæ бабæ- рæг кæнын. Зымæджы йын фиййæуттæ хъаст кодтой, фæндæгтыл цæугæйæ, нæ фосыл зиæнттæ цæуы, зæгъ- гæ. Азау фалæмæ æмæ фæстæмæ цæугæйæ фос цы хи- зæнтьг фæхизынц, уыдон бабæрæг кæныны тыххæй цал- дæр раны бауромын кодта машинæ. Касти, фосы цæ- уæнт-ы цы зайæгойтæ задис, уыдонмæ. Иу цалдæр ран æртыдта æндæр æмæ æндæрхуызон кæрдæджытæ. Цы хъæутæм æввахс задысты, уыдон нæмттæ ныффыста йæхимæ. Фиййæуттимæ куы сæмбæлд, уæд цы зайæ- гойтæ æртыдта, уыдон сын радгай æвдыста æмæ сын 422
амыдта,' уыцы зайæгайтæ кæй сты маргæйдзаг райдай фæдæгъд, залгъæд, цил,- æмæ фæу хæмыцы рихийыл. Исты амал ис, цæмæй фосыл ахæм зийæнттæ ма цæуа, уымæн? Æнæмæнгдæр ис. Фос :куы скъæрат, уæд сæ ахæм рæтты ма уадзут хизын, скъæрут сæ фæндæгтыл. Æмæ уæд фос æнæзианæй хæццæ кæндзысты бынат- мæ. Холлаг цæттæгæнæг бригадæтæ ацы сæрды æрцæт- тæ кодтой тынг бирæ холлаг. Силосы уæрмыгæ сара- зыннæ къухы æххæстæй нæ бафтыд æмæ иу лæнчы бын пементæй сасдæрдтам, йæ фæрсты та пын хъæмп ныккалдтам æмæ йæ афтæмæй байдзаг кодтам сило- сæй. Уый (фæстæ йæ уæлейæ дæр хъæмпæй бамбæрз- там стæй йæ сыджытæй еæсæрстам. Фосы фермæмæ, дам, дард у, фæлæ нæм хорз машинæ ис æмæ, да.м, сын æн машинæйыл ласдзыетæм. Ацы азы хуызæн зæрдæ- рухсæй æрæджыты никуыуал федтон нæ колхозонты. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ ахæм хъæздыг тыллæг æфс- найæм, уæд! — Ботаз рæвдаугæ цæстæнгас ахаста Зилгæдоны тъæпæныл. Йæхицæй чысыл æттæдæр хæз- найы обауы хуызæн зьгнд нартхоры стыр кæри. Сæ улæфты рæстæг куы фæцис, уæд Ахберд Ботазмæ худ- гæйæ, бакастис æмæ, Азауæй сæрыстыр уæвгæйæ, аф- тæ бакодта: — Уæ бонæй уæ уæд. Чызг фæхъомыл кодтам æмæ сымахæн! Ботаз æмæ Ахберд фæхицæн сты æмæ та се звено- тимæ бавиæлдтой нартхор тоньгнмæ. Зилгæдоны тъæпæныл нартхоры кæритæ рæзтыс- ты. Тархъæды хуызæн нартхоры зæххы алы кæрæттæй хъуыст хъæлдзæг ныхас æмæ фæоивæды зарын. Нарт- хортонджыты фæстæ гурæй-гурмæ цыдысты холлаг цæттæгæнæг бригадæтæ æмæ нартхоры хъæллæгъ бын- дзарæй лыг кодтой. Бастай йæ къонатæ æмæ сæ кæрæ- дзиуыл калдтой хъил æвæрдæй. Нартхоры зæнгтæй ма бындзæфхæдтыл цы чысыл муртæ аззад, уыдон, цыма- хуымты исчи къæбæлтæ ныкъкъуырдта, афтæ зындысты. Нартхоры кæритæ куыд рæзтысты, афтæ сæ ластой машинæты хоры къутутæм. Шофыртæ-иу куы фем»бæл- 423
дысты, уæд-иу кæрæдзийæн салам радтыны бæсты фæ- кодтой: «Дзаг ласай!». Зилгæдоны тъæпæнмæ |цы тар æвзистгъуыз доны къанаутæ уыд, уьгдонæй иуы цур хæрхæмбæлд фесты Азау æмæ Хæсанæ. Азау бадт йæ дыдзæлхыджы. йæ хъал бæх, цыма рæстæг зынартъ кæй у, уый æмбæрста, уыйау цырд къахдзæфтæй фаццу кодта. Азау Хæса- нæйы куы ауыдта, уæд фæурæдта бæх. Бæхы цыма æр- лæууын нæ фæндыд, уыйау размæ ’фсæрста. — Æвæццæгæн, дæ бæх дæр мæ ныхмæ у.-А-Азауæн рæстæг нæй мæ фенынæн, фæлæ ды та. цы кæныс, кæдæм тагъд кæныс?!—;бæхы дзыларыл æрхæцгæйæ, æмæ йын йæ ныхы астæу цы урс зиллакк уыд, уый къу- хæй æррæвдаугæйæ, затъта Хæсанæ æмæ уарзондзина- дæй æмыдзаг цæстытæй ньгмдзаст Азаумæ. Азау колхозы сæрдарæй кусын куы райдыдта, уæ- дæй фæстæмæ бирæ фæкъæсхуырдæр, фелвæстдæр. Фæлæ 1къæсхуырæй ноджы тьгнгдæр цыди Хæсанæйы зæрдæмæ. — Аххосджъш дæн, фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыд, — рæвдаугæ цæстæй бакаст Азау Хæсанæмæ. — О, фæлæ дæ кæд «куыстæй кæи не ’вдæлы, уый тыххæй мæ ферох кодтай, уæд ма уьшæн, чи зоны, ба- быхсæн уаид. Фæлæ, зæгъьгн, кæд «Сæуæхсиды» >кол- хозы исчи разынд... — Хæса, — цыдæр æнахуыр рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта Азау, — æз афтæ æнхъæлдтон æмæ мæ а-ду- нейыл дæуæй хуыздæр ничи æмбары. Куысты афтæ арф ныссагътæн æмæ мæ сæр схъил кæнын мæ бон нал у. Адæм мæ сæхицæн стыр ныфсытæ æвæрынц... Æви аф- тæ æнхъæлыс æмæ мæнæн мæ риуы зæрдæ нæй?... Хæсаиæмæ хардзау æркастысты йæ ныхæстæ. Тынг ын фæтæригъæд кодта. Хæсанæ хорз зыдта «Сæуæхси- ды» колхозы ивддзинæдтæ æмæ дардæй цин кодта Аза- уы æнтьютытыл. Афтæ йæм каст, цыма уый Азауы бæрц дæр нæ сарæхстаид. — Азау, йстæмæй дын у мæ бон баххуыс кæнын? — У, Хæсанæ, у! Ацы аз адæм сæхиуыл æвзæр нæ фæхæцыдысты, кæрæдзи хорз бамбæрстой. Æз фарст æрæвæрдзынæн районы хицауады раз. Фæнды мæ, цæ- мæй нæм ды рацæуай колхозы сæрдарæй. 424
Хæсанæ исдуг джихæй каст Азаумæ. Бæлвыд нæ зыдта, хъазгæ дзы кæны, æви æцæг дзуры. — Нæ мæ 1мбарыс? Куыд нæ мæ æмбарыс, гормон? Æз атроном дæн, æппынфæстаг, уарзгæ чи кæны, ахæм сылгоймаг. Мæн |фæнды кднд нартхор æмæ мæнæу та- уын нæ, фæлæ дидинджытæ. Рæсугъд пухбазыр дидин- джытæ. Иунæг сæ фендæй дæр зæрдæ куыд райа. Æз та а-грономы куыст кæныны бæсты хъуыды кæнын кол- хозы æппæт хæдзарад æмæ кусджытыл æмæ мын уый мæ сæйраг куыстæн фадат нæ дæтты. Мах рæстæджы агроном зæххы хицау у æмæ мæн та иннæ лыстæг æмæ ставд хъуыддæгтæй уыцы зæхмæ не ’вдæлы. Уырнгæ дæр мæ нæ кæны æмæ æз уый бæрц рæстæг иу фæлва- рæн дæр не скодтон. Гъех, уæвгæ та мæм цас фæндтæ ис... — Азау, æнцон дын кæй нæу, уый æмбарын, фæлæ ды хъуамæ зонай, мæнæн куыд зын у, уый дæр. Бауыр- нæд дæ, кæд дæм æртхъирæнтæ вæ кодтон. Зæгъын ма куы сæмбæлæм, уæд хыл кæндзыстæм. Гъемæ ацу æмæ демæ фæхыл у. Фæлæ дын уæддæр мæ хъуыды зæгъон. Фæйнæ раны куы дзыназæм, уæд нын уымæй æнцон- дæр нæ уыдзæн. Фæлтау ацы аз альиг кæнæм нæ хъуыд- даг. Чындзæхсæвы фæстæ мах бæсты ахъуыды кæн- дзысты районы разамынд. Афтæ æнхъæл дæн, ныры хуызæн, кæрæдзийы уындмæ бæлгæйæ, нæ цæрдзыстæм. Раэы дæ? — Мæ каст дæумæ у æрмæстдæр! — Хæсанæмæ та рæвдаугæ цæстæй бакаст Азау æмæ йæ бæхыл фæгъæй кодта. Хæсанæ ну дзæвгар йæ фæстæ кæсгæйæ, баззад. 2 Фарны районы фæззькгон куыстытæ кæронмæ фæцæй- хæццæ кодтой. Районы колхозонтæ æнтыстджынæй ахи- цæн кодтой паддзахадмæ хордæттыны план. Хъæзныг уыд фæллойбоны æфтиаг, фæлæ, иннæ азтау, уæлдай хъæзныгдæр уыдис «Размæ» æмæ «Уæлахизы» колхоз- тьг. Районы колхозтæ оцæттæ кодтой сырх чырæ. Сырх мæнæу æмæ нартхоры дзаг машинæтæ сабыргай кæрæ-. Д3(и фæстæ цыдысты районы центрмæ. Ардыгæй та араст 425
уыдзысты горæтмæ. Куыстуарзон адæмы рухс æнгасыл хъазыдысты фæззыгон хуры тынтæ. Колхозты сагсур фæсивæд сæхи рæсугъд сарæзтой. Лæпеутыл уыд ирон цухъхъатæ, бухар худтæ, сæ астæутæ æм.гом балвæстой æргъæвæгджын нарæг гæрз рæттæй. Сæ цырыхъхъытæ хурмæ цæхæртæ калдтой. Чызджытыл—урс цыллæ даргъ къабатæ, сæ сæртыл хауджын кæрдæнтæ, сæ астæутыл æвзист фæтæн рæттæ сыгъзæрин доны тылд. Зæрдæ рухс кодта сæ бакастæй. Рæхснæг хъæзыты цур ставд тулдз бæлæстæ куыд зыной, афтæ фæсивæды фарсмæ бæрæг- бон арæзтæй зындысты Сырхауты Ахберды звенойы уæнгтæ. Ирæ æмæ Дзæйнæты .къухты — ирон фæндыр- тæ. Дьгууæ чызджы, цьша, ерысы бацыдысты, уыйау код- той алыгъуызон цæгъдтытæ. Цы лæппу фæлæууыдаид Дзæйнæты рог цагвдмæ æнæ йæ къах-къухтæ æрсадзгæ, Æмæ сæ Дзибыл дæр æрсагъта. Фæсивæд ын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ йæ къахфындзтыл нал ауæрды, цъилау зилы. Дзæйнæты цагъды раивы Ирæйы лирикон цагъд, цыма, фæсивæдæн сæ рæсугъд уарзон- дзинад сæ зæрдыл лæууын кæны. Цæргæс Ирæмæ рæв- даугæ уарзон цæстытæй бакаст. Ирæ, иннæтæй йæ куы ничи фехъуса, афтæ сабыргай бадзырдта Цæргæсы хъусы: • — Цымæ мæнæй амондджындæр ис дунейыл? — Ис! — рæвдаугæ хъæлæсæй йын дзуапп радта Цæргæс. — Дæуæй амондджындæр — æз, ды кæй хай фæдæ. ч Каст ма уыдис æрмæстдæр «Сæуæхсиды» колхозмæ Уыцы колхозы адæм куы базыдтой районы иннæ колхоз- тæ паддзахадмæ цæттæ кæнынц сырх чырæ, уæд сæ иу- мæйаг æмбырды бауынаффæ кодтой аккаг хайад дзы райсын. Æхсараты Азау фæдзырдта райкультхæдзары директор Сæлбиты Тасолтанмæ, ракуырдта дзы, цæ’мæй сын сæ сырх чырæйы фæлгонцмæ фæкæса культурон æгъдауæй. Æмæ ныр афтæ зæгъæн ис, «Сæуæхсиды» колхозы сырх чырæ къуылымпы кæны Сæлбийы фырты аххосæй. Уый алы хъуыддагмæ дæр хаста, йæхи ’рдыго- нау стыр аивадон нысан кæмæн ис, ахæм ивддзинæдтæ. Мæнæуы æфсиртæй рæсугъд сбыдтой лозунг: «Фылдæр хор паддзахадæн!» æмæ йæ колхозы сырх чырæйы раз- 426
заг машинæйыл бафидар кодта. Лозунджы бынмæ стыгъд нартхоры æфоиртæй фыст уыдис колхоз «Сæуæ- хсид». Дарддæр иннæ машинæты кузæты фæрстыл алы- гъуызон диаграм,мæтæ ныхæст. Суанг ма Азауы дыдзæл- хьпг уæрдон æмæ бæхы дæр афтæ офæлыста æмæ диссаг. Уæлдай тынг дæр йæхимæ æркæсын кодта сатирæйы къуым. Арф хъуыдыджын карикатурæтæй худтис колхо- зы куыстытæй алы ’фсæндтæй йæхи чи ласта, ахæм ми- насуарзаг, базаргæнджытыл. Сьгрхауты Хæсанæ, Азауитæ .æгæр æрæгмæ куы зын- дысты, уæд æрхъæцмæ нал хъæцыд, æмæ та цæмæй Дзи- былы цыргъ æвзаджы ахасты ма фæуа, уый тыххæй йæ- хи хъæлдзæг дардта. Фæлæ къаддæр нæ тыхстис Æхсараты Мысост йæ чызджы тыххæй. Телефоны сæм бæргæ бадзырдта, фæлæ дзуапш нæ райста. — Тыхсгæ ма кæн! — Мысосты сабыр кодта Уари. — нырма раджы у. Азау та дзыхъхъы лæуд нæу. Уæдмæ дардæй æрбазынд Сæуæхсиды номыл колхо- зы сырх чырæ, æрбайхъуыстис йæ фæсивæды хъæлдзæг зард. Сæуæхсиды колхозы чырæйы фæлгонцыл адæм -сæ цæст æрхастой. Чызджытæ Азауы хъæбыстыл схæцыды- сты. Иннæ колхозты фæсивæд æрбамбырдысты сатирæйы къуымыл æмæ худæгæй артæн хæлдтæ кодтой. Цæргæс карикатурæйы цæлуарзагæн йæ иу къухььстыр авг куы ауыдта, иннæйы та — агуывзæ, уæд фестъæлфыд. Азауы фендæй Хæсанæйы зæрдæмæ ныккастис хуры тын. — Нæ дын загътон, Азау дзыхъхъы лæуд нæу! — фæ- кодта Уари. Мысост, йæ чызгæй разы уæвгæйæ, сæрыстырæй ба- кастис Уаримæ. — Сырх чырæ араст афон у. — Гъай-гъай! — мауал æй фæстиат кæнæм! — загъта Уари. Уари æмæ Мысосты алыфарс æрбамбырдысты адæм. — Æмбæлттæ! — адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, рай- дыдта дзурын Уари. Адæмы хъæлдзæг ныхас фенцад. — Бæрзонд хорæрзадыл æнувыд тохы фæрцы нæ къухты бафтыд хорз æнтыстытæ. Ерыс кодтой канд колхозтæ, 427
бригæдтæ æмæ звенотæ нæ, фæлæ хицæн адæймæгтæ дæр. — Уари аккаг аргъ скодта хицæн колхозты куыс- тæн, раппæлыд раззагдæр адæмтæй. Нæ ферох кодта «Уæлахизы» колхозы номдзыд зæрæдты звено æмæ йе звеновод Ахберды дæр. Уыдон тыххæй загъта сæрмагон- дæй. — Æппын фæстаг мæи фæнды, мæнæ хорз адæм, зæгъын, щæмяей нæ колхозтæ хъомысджындæр æмæ фыл- дæр æххуысхъом уой нæ паддзахадæн. Цæмæй нæ Рай* гуырæн бæстæ афтæ домбай уа æмæ йе ’хсарæй цыфæн- ды карздæр знæгтæ тæсæй æмризæджы куыд ризой! Цæ- мæй далæ фæсденджызаг тугмондаг хæстæндзарджытæ ма бауæндой, хæрæ мигъау, нæ Райгуырæн бæстæйы сæрмæ фæзынын æмæ ма калой судзгæ ’хоидæвтæ нæ зæххыл. Уæвгæ та куы офæид кæной сæ чъизи дзæмбы- тæй нæ сæрибардзинадмæ æрбавналын, уæд сын ахæм дзæхст куыд ныикæнæм æмæ са<у фæньик куыд фестой! Мæн фæнды, мæнæ хорз адæм, æшхæт фæндæгтæ дæр цы бæллиццаг фидæнмæ, цæуынц, уырдæм тагъддæр æр- цæуын, уыцы диссаджы фидæн сымахимæ хи цæстæй фе- нын æмæ уым фæцæрын. — Нæ бæстæйы адæмтæ æр- лæууыдысты коммунизмы къæсæрыл æмæ нæй дунейыл ахæм хæрам тьихтæ, мах нæ размæцыдæй чи баурома! Адæм Уарийы ныхæстæ фæкодтой тыхджын къухæм- дзæгъды бын. Уый сырх чырæйы раззаг колоннæмæ ахъæр иодта: — Сырх чырæйæн араст афон у! Кæрæдзийы фæстæ базмæлыдысты рæсугъд фæл- гонцгонд дзаг машинæтæ, уыдон фæстæ та бричкæтæ. Фæззььгон уæлдæфы колхозон тырысатæ тыбар-тыбур кодтой. Фæсивæдæй чидæр ныццæлхъ кодта æмæ йын иннæтæ бахъырныдтой. Азæлыдысты ирон фæндыры æрдхæрæны мыртæ- Адæм сæрыстырæй кастысты сырх чырæйы фæстæ æмæ йæ рæствæндаг кодтой сæ цæстæнгасæй.
СÆЙРÆГТÆ Хъæмæ г 3 Уалдзæджы къæсæрыл 16 Зиу 26 Æргом ныхас 33 Уайдзæф 45 Рагон хæлæрттæ , - 52 Фæндон . 66 Бригады дзырд 74 Кæрæфбег . . . ,• 79 Фæдзæхст 91 Азау 108 Быцæу 126 Зилгæдоны тъæпæн . 165 Ахберд 209 Фæлывд рæдыд . . 275 Ивддзаг уазæг . 303 Ахсджиаг фарст . 314 Фыдæхсæв . 318 Гуырæн бон 324 Æнæнхъæлæджы фембæлд . . . 347 Карз дзæхстытæ 380 Цардамонды гаджидау 391 Хоры бæрæгбон , 419
ХАЧИРОВ СЕРГЕЙ ИВАНОВИЧ КЛАД (роман на осетинском языке) Книжный сектор Юго-Осетинского издательства Цхинвали — 1966 Ь062>П ОЗоБОЬ 60 Ьо&ОбГаЗО ЬоЭЬбдоо соЬдопоЬ з^соЭ^зоЭг^соооЬ (3^06*300^0 — 1966 Редактор И. К. Плиев Художник Г. В. Догузов Худредактор А. Д. Ванеев Техредактор Ш. Г. Элбакидзе Корректор А. И. Техов Сдано в набор 17. XII. 1965 г. Подписано к печати 17. I. 1966 г. Заказ № 1716. Изд. лист. 20,3. Печат. лист. 22,4. Формат бумаги 84x108 1/32 см. ЭТ 00301. Тираж 1000 экз. Цена 85 коп. Цхиивальская типография Главполиграфпрома, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.