Текст
                    сулдон
Уыцы изæр ЦæразонтыК’^оста, консерваторийы фæс-
таг курсы студент, италиаг æвзагыл хъуамæ азарыдаид
Джакомо Россинкйы оперæ «Севильаг хилдасæг»-æй
Фигаройы кавантинæ. Ахсджиаг хъуыддаг ын кæй ба-
хæс кодтой, уый хорз æмбæрста. Уымæй размæ дæр ма
йæ азарыд студентты аивадон изæрты æмæ сæ зæрдæмæ
тынг фæцыд. Фæлæ консерватори йæ ацы концерт цæт-
тæ кодта сæ горæты аивад, литературæ æмæ музыкæйы
дзырддзæугæтæн. Гъе, уымæгæсгæ концерты хайадис-
джытæй алкæй дæр фæндыд, йæ курдиат æй цас амоны,
уымæй æгуыдзæгдæрæ’й йæхи ма равдисын. Ууыл йæ уд
хъардта Цæразонты Къоста дæр. Кæд Фигаройы каван-
тинæ хорз ’зыдта, уæддæр æй ног æмæ ногæй фæлхат
кодта. Ныр дыккаг къуыри репетициты фæстæ комком-
мæ рацæуы æмдзæрæндонмæ æмæ та йын йæ иннæ
хъуыддæгтæй рæстæг куы фæвæййы, уæд пианинойы
фарсмæ æрбады, рафæлдахы нотæтæ æмæ дзы алы зæл
дæр фæлхат кæны. Æмæ йын æндæр гæнæн дæр нæй.
Зарæджы музыкæйы вазыгджындзинадыл куынæ дзу-
рæм, уæддæр фаг у зæгъынæн, æрмæст дзы «ля-ля-ля»-
тæ ’хсæнмæ ’хсæнты тынг бирæ кæй сæмбæлы, уый. Иу
«ля» дзы фæхæццæ дæ, гъе, фылдæр загътай, гъе, къад-
дæр, уæд æппæт дæр бабын. Хуымæтæджы хъусæг дæ
гæнæн ис æмæ ма бамбара, фæлæ музыкæйы пехуым*
партæй ахæмтæ нæ ирвæзы.
— Къоста, мæ хæлар, дæхи æгæр не ’фхæрыс? —
хъазгæ йын загъта йæ абхазаг æмбал Тото. Уый афтæ
фенхъæлдта, зæгъгæ, Къоста та иннæ хæттытау абон
дæр йæ сæр не схъил кодта чингуытæй. Цæмæй зыдта,
йæ хæлар кæй уыд Окропъиридзетæм æмæ æгæр дзæбæх,
рæстæг дæр кæй арвыста, уый. — Дзæгъæлы тыхсыс, — ’
дзырдта дарддæр Тото, — афтæ арæхстджынæй й-æ фæ-
зарыс, æмæ дæ бон у, Фигаройы кавантинæ чи æххæст
-3


зсæны, дунейы уыцы стъалыты фарсмæ æнæкъæмдзæ- стыгæй æрлæууай. Къоста каст йæ хъазаг æмгары цæстытæм. Батæху- ;ды йæм кодта. Иæ æхцонзæл, хъæдабæ хъæлæс æдзух .нывæнды фарны ныхас. Къостайы фæлмас цæстытæм каст Тото йæхæдæг дæр. Уый фембæрста Къостайы мид- хъуыдытæ, йæ ныхасыл ын дызæрдыг кæй кæны... Æв- вахс æм бацыд, йæ уæхсчытыл ын йæ къухтæ æрæвæрд- та æмæ йын æхцонæй загъта: — Æцæг дын зæгъын, фæлтау иу чысыл баулæф, "цом атезгъо кæнæм горæты... Концертмæ та цæуын жнæуы, дондыппыр пуртийау уæззауæй нæ, фæлæ ног- гуырд уæрыккау, рогæй. Зард æмæ худт зæрдæйæ.куы- нæ гуырой, уæд тыхзард æмæ тыххудтæй концерты ни- кæй фæсайдзыстæм. — Иучысыл зивæг кæнын, — йæ хæлары зæрдæхудт райсын æй нæ фæндыд, афтæмæй загъта Къоста. Диссаг у, æвæдза, адæймаджы удыхъæд. Хатт царды ’фембæлдзынæ ахæм адæймагыл, æмæ дын æй иикæцы .мадызæнæг раивдзæн. Афтæ адджын фæцис Къостайæн ,дæр Тото. Уыдон сæ,-хъысмæт æрхаста иу консервато- римæ. Нæдæр кондæй, нæдæр уындæй, ницы ис иумиа- :гæй дыууæ хæларæн. Къоста у асæй^рæстæмбис, стæвдтæарæзт, уыгдзæст. ’Ныхас кæна демæ, æви кусгæ — æдзухдæр у сагъæс- гъуыз. Дардæй йæм бакæс, уæд зæгъдзынæ: зæронд •лæг. Йæ сæрыл залты мит ныууарыд. Æввахсмæ — гъæйтмардзæ, мызыхъарæзт ирон лæппу, йæ тæккæ амондагурыны кары. Цыма æхсыры цады схъомыл, уы- йау — урс цæсгом, рустыл гæзæмæ туджы æртæхтæ хъа- ’зы, фæлæ хатт, куы фефсæрмы вæййы, уæд ноджы фæ- сырхбындæр вæййынц. ТоФо — къæсхуыртæарæзт, бæрзонд лæппулæг. Сау- лагъз, хурсыгъд. Рæсугъд ыл фидауы сынты базыры хуызæн сатæг-сау костюм нейлон урс хæдонимæ. Йæ хъуырыл — сау галстук æртæ зæрватыччы нывимæ, сæ '-базыртæ ныппака кодтой, афтæмæй. Йæ ныхас — æх- цонзæл, цыма дзæнгæрджытæ аныхъуырдта. Цыргъзонд, цыргъæвзаг. Лæг æм хъусынæй не ’фсæды. Фæлæ йыл комдзог сты — зæрдæйы айдæн — йæ цæстытæ. Бирæ мæт, бирæ сагъæс сæ æрбынат кодта. Бæрæг у, йæ ,са- бийы ’бонтæй фæстæмæ лæгъз фæндагыл кæй нæ уад. <стæй йæ агургæ дæр кæй нæ кодта. Фæлæ царды зын- <4
дзинæдты сæрты кæй хызт, цæлхдурты ныхмæ удуæлдай тох кæнгæйæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ тынг схæлар сты Къоста æмæ Тото. Сиу ис сæ ацыд, се ’рбацыд. Сæрибар рæс- тæг сæ фæндаг уыд куы Иры хæхтæм, Æхсæрджыны хъæумæ, Цæразонты хæдзармæ, куы — Сухуммæ, абха- заг хъæу Каштакмæ. Дыууæ ран дæр се ’рбацыдыл нæ фæхъæцынц. — 0, хæдæгай, писмо дæм, — Тото йæ костюмы дзыппæй систа цъæх конверт æмæ йæ бадаргъ кодта Къостамæ. Уый йæ, зивæггæнгæ, айста. Æркаст æм. Уай- тагъд фæцингъуыз, конвертыл йæ зонгæ ^ъухфыст фен- гæйæ. Фондз азы фенхъæлмæ каст уыцы къухфыстма^ Къоста. Фондз азы дæргъы йæ писмотæ тахтысты, урс базыр бæлуæттау, Æхсæрджыны хъæумæ. Фæлæ йæм,. йæ цардæй фылдæр кæй уарзта, уыцы Æхсæртæгкатьг Сæлимæт уыд чъылдымздæхт. Фондз азы дæргъы Къо- ста архайдта, цæмæй базона чызджы зæрдæйы фыдæхы аххос, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Сæрды каникул- ты рæстæджы-иу сæхимæ, Æхсæрджынмæ тагъд кодта, уæдæ Сæлимæты фендзынæн, зæгъгæ, фæлæ-иу Сæлимæт барæй асхуыста йæ мады ’рвадæлтæм. Фæстаг æртæ азьь дæргъы та Сæлимæт куыста колхозы фермæйы хъугду- цæгæй æмæ-иу сæрды йæ хъуццытимæ уыд сæрвæты. РайдианьГ Къоста æнхъæл уыд, зæгъгæ, Сæлимæг æндæр кæйдæр бауарзта æмæ йæм уымæн фæцис- чъылдымздæхт. Фæлæ фæстагмæ йæ уыцы дызæрдыг- гæнæг хъуыдытыл йæ къух систа. Ахæм хабæрттæ хъæ- уы нæ сусæг кодтой, уайтагъд ын сæ йæ хъусы исчи ба~ цагътаид. Фæлæ дзы ахæмæй дæр ницы уыд. Уæвгæ, чызгмæ, ’консерваторийæ куы ралыгъд, уыцы дыууæ^ азы дæргъы бирæ усгуртæ бауырдыг. Фæлæ сæ чызг ской дæр нæ уагъта. «Нæ мой кæнын æмæ уæ сæрæн низ ма кæнут». Алкæмæн дæр лæвæрдта ахæм дзуапп. Ис ахæм усгуртæ, иу ныхас кæмæ хъары, чи йæ бамба- ры. Уыдонæй бузныг уыд Сæлимæт. Нæ йæ тыхсын код- той. Фæлæ ис бæзджын цæсгомджынтæ дæр. Уыдон æйг дуарахæсты фæкодтой, хатыдысты йæм сæхæдæг, æр- выстой йæм сæ минæвæртты. Сардыдтой йыл чызджы мыггаг æмæ æввахс хæстæджыты. Фæлæ, марадз зæгъ, чызг къæрттæй цъула не ’ппæрста. Уæвгæ æдас нæ уыд Сæлимæт. Иæ мадимæ цардысты хъæугæрон, хибар ран, уæлвæндаг. Гъемæ, нæм, нырма сылгоймагмæ йæ амæт- 5
’таджы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ кæй ’ ис, уымæ гæсгæ йæхи хызта. Фæстаг хатт йæ мады ’рвадæлтæм куы уыд, уæд сæ ракодта хъыггаг куыдз. Даргъ рæхы- сæй йæ бабаста кæрты æмæ сæ хæдзары æмгæрæтты ацæуын никæй уадзы. «Хæрам адæмæй исчи фыдвæнд куы скæна, уæд мæ мадырвадæлты лæвар уыдзæн мæ фыццаг фæдисон, — хъæубæсты фæсивæдæн-иу æрхæн- дæгæй дзуапп лæвæрдта Сæлимæт. — Исты мæ сæрыл лæгмæрдтæ куынæ кæндзыстут, мыййаг». Сæлимæты уыцы ныхас Къостамæ бахуын кодта Хъызылбег. Фæлæ уымæй уæлдай ницы базыдта Сæлимæты хæрамдзи- надæн. Йæхимид мæстæй фыхт Къоста. Дæс’ азы сæ иузæр- дион хæлардзинад... Иу схуыст ныхас дзы уæддæр куы зонид, уæд ын, чи зоны, абои афтæ зын нæ уаид. Къостайы цæстытыл, кино лентæйау, кæрæдзийы фæ- дыл згъордтой Сæлимæтимæ йæ сабион бонтæ, райдиан скъолайæ суанг астæуккаг ахуыр каст фæуынмæ. Скъо- лайы фæсивæдæй дæр æм кæйдæрты зæрдæ æхсайдта, фæлæ йе ’взонджы бонты дæр Къостайы зæрдæхудты никуы бацыд. Цал хатты йын дзырдтой йе’мбал чызджы- тæй куы сæ иу, куы се ’ннæ, ацы аз та мемæ иу партæ- йыл сбад, зæгъгæ. Фæлæ сæ Сæлимæт никæимæ сразы. ,Уæд лæппутæй чидæртæ сфæнд кодтой Къостайы ба-~ фæлварын, ивтой йын сæ бынæттæ, ф’æлæ сæ Къоста дæр никæимæ сразы. Сæ дыууæ дæр ахуыр кодтой ит- тæг хорз. Зæрдæхæларæй æххуыс кодтой, ахуыры чи не ’ййæфта, уыцы æмбæлттæн. Уый тыххæй сæ бузныг уыдысты канд скъоладзаутæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ дæр. Сæхимæ, хъæуы астæуккаг скъола каст куы фесты, уæд сæ дыууæ дæр экзаментæ радтой Тбилисы консерва- торимæ. Экзаментæ, зæгъгæ, уый дæр æххæст раст нæу. Азарын сын кодтой æрмæстдæр фæйнæ дыууæ за- рæджы, экзаментæисæг къамисы уæнгтæ сæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæры тылдæй кæрæдзийæн цыдæр бам- барын кодтой. Стæй, рæсугъд пенсне — кæсæнцæстытæ кæуыл уыд, уыцы къуыбыррихи, саулагъз, æлвæст лæг, йæ сынты базыры хуызæн къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ йе стæгдар даргъ æнгуылдзтæй афасæгау кодта æмæ æхсызгонæй сдзырдта: — Цæразонты Къоста æмæ Æхсæртæгкаты Сæли- 6
мæт, сымах сæрибар стут, _ дарддæр уæ фæлварæнтæ дæттыны сæр нал хъæуы. Исдуг дыууæ дæр хорзау нал фесты. Æрæджиау йе "’ндзыг уавæрæй феуæгъд Къоста æмæ, æфсæрмыгæнгæ- йæ, ныллæгъзтæ кодта: — Мах нæ дыууæ дæр зæрдиагæй курæг стæм, цæ- мæй нын бар радтат иннæ фæлварæнтæм. Нæхи сæм тынг фæцæттæ кодтам.... Уырны нæ, иннæ фæлварæн- тæй нæ хъуыддаг кæй фæрæстмæ уыдзæн... — Мах дæр уырны, — фембæрста хъуыддаг пенсне- джын дæр, — фæлæ уæ сæ раттыны сæр нал хъæуьг. ацæут, хорз баулæфут æмæ уæм фыццæгæм сентябры æнхъæлмæ кæсдзысты нæ консерваторийы аудиторитæ. Къоста æмæ Сæлимæт афтæ фефсæрмы сты, æмæ сæ зæгъгæ, уыцы зæрдæхæлар пенснеджын нæ рахæццæ кодта дуары онг, уæд ма иудзæвгар æндзыгæй алæууы- даиккой къамисы раз. Дуарæй сæ куы рахизын кодта, уæд ма сæм æхсызгонæй иу худт бакодта æмæ стæй бацыд мидæмæ. Чызг æмæ лæппуйыл амбырд сты, æддейæ чи æн- хъæлмæкаст æмæ мидæмæ бацæуын фæстæдæрмæ чи ’ргъæвта, уыцы фæсивæды къорд. Уыдонæй иутæ, цин- гæнгæ, райстой Къоста æмæ Сæлимæты къухтæ. Сæхи хъусæй фехъуыстой, куыд дзæбæх зарыдысты, уый. Ин- нæтæ та сæм æрхæндæгæй тæхуды кодтой. Къоста æмæ Сæлимæт та ацы сахат сæхицæй амондджындæр никæй æнхъæлдтой. Сæлимæт æмæ Къоста ахуыр кодтой уыцы пенсне- джынмæ. Уый уыд сæ ахуыргæнæг Окропъиридзе Автан- дил. Йæхæдæг дæс азы размæ классикон музыкæйæ ба- хъахъхъæдта докторьг диссертаци. Къоста æмæ йæм Сæлимæт ахуыр кæнын куы рай- дыдтой, уæд хисдæр курсы студенттæй иу æмæ дыууæ- йæ нæ фехъуыстой «Сымах стут уæлдай амондджын- дæр, Автандулмæ чи ахуыр кæны». Æмæ, æцæгдæр, амондджыныл нымадтой сæхи Сæлимæт æмæ Къоста. Фыдау сыл аудыдта. Йе ’ппæт цард, йе ’ппæт хъарутæ дæр лæвæрдта дуджы аккаг кадртæ цæттæ кæнынæн. Фæлæ йæ уыцы амондджын бонтæ бирæ нæ ахастой Къостайæн. Цыппар мæйы фæстæ Сæлимæт иу æхсæвы- гон æрбадæлдзæх. Къостайы сæрра кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Æмбаргæ, æгъдауджын чызг Сæлимæт йæ уæздан 7
ахастæй йæхи тынг баукрзын кодта Окропъиридзе Ав- тандилæн дæр. Гъемæ йæм æхсæвы тухитæ æмæ фыдæ- бæтты фæстæ Къоста дыккаг бон рыст æмæ знæтæй куы бацыд,, куы йын загъта, Сæлимæт æмбойны æрбайсæфт, зæгъгæ, уæд профессор хорзау нал фæцис. Фæтарст, рæ- сугъд чызг уыд æмæ йæ мачи аскъæфæд, зæгъгæ. Фех,ъу- сын кодтой милицимæ дæр, фæлæ сын уыдон загътой, ацы къуыри сæм уды фыдбылызæй кæй ницы æрцыдис. Къоста йæхи ракуырдта дыууæ боны æмгъуыдмæ æмæ ратындзыдта хъæумæ. Сæхимæ йын бамбарын код- той, Сæлимæт ам ис, кæуынæй йæхи мары, фæлæ цы кодта, цы йыл æрцыд, уый бæрæг нæй... Никæмæн ницы хъæр кæны. Æрмæст дзуры, ахуырмæ, дам, нал ацæу- дзынæн. Къоста сæм сæхимæ ^бацыд, фæлæ чызг йæхи- уыл дуæрттæ сæхгæдта æмæ Къостайы мидæмæ нæ ба- уагъта... Рыстзæрдæйæ рацыд Къоста фæстæмæ йæ ахуырмæ. Иæ писмотæ райдианы, фæдисонтау, ’сæ кæрæдзийы фæ- стæ тахтысты Сæлимæтмæ. Сæлимæт сæ иста, кæрæдзи- йы уæлæ сæ æвæрдта, фæлæ сæ нæ каст. Рæстæг цыд, тъæнджы мæйтæ Къостайы зæрдæйы кæрæдзи æнтъы- снæгæй ивтой. Мæйты фæстæ уæззаугай хылдысты аз- тæ. Къостайы писмотæ дæр фыццагау арæх нал тахты- сты Æхсæрджыны хъæумæ. Æмæ æппынфæстаг йæхи баууæцдын ^кодта ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, мæ бирæ писмотæн иунæг дзуапп дæр чи нæ радта, уый æмæ ме ’хсæн тар мигътæ ныббадтысты. Сæхгæдта йæ рыст зæрдæйы æнкъарæитыл фидар дуар æмæ сæ æддæмæ ратæхын нал бауагъта. Æрхæндæгæй йыл цыдысты консерваторийы йæ бон- тæ. Фылдæр изæрты-иу рудзынджы раз æрæвæрдта йæ бандон æмæ-иу æмбисæхсæвтæм æндзыгау фæбадт. Иæ сæры та, æхсæрдзæны иугæндзон сæх-сæхау, згъордтой амæй-ай æбуалгъдæр хъуыдытæ Сæлимæты тыххæй. Бирæ хæттыты рахъавыд йæ ахуыр ныууадзынмæ. Фæ- лæ-иу йæхи куы бафарста: «Хорз, зæгъæм ныууагътон мæ ахуыр, уæд цы? Дарддæр цы саразын хъæуы? Сæли- мæт мæм йæхи куынал æвдисы. Мæ аууонæй дæр мын тæ’рсгæ куы кæны, уæд ма йæм цы ныфсæй цæуон хъæу- мæ? Æви уым дæр сау хъуамæ дарон? Иæ, цæйнæ- фæлтау мæм мæ хорз æмгæрттæ цæуой æмæ мын тæри- гъæдтæ кæной, фæлтау райгуырæн хохæй дард ран уадз æвзарон удхъизæмæрттæ. Фæлæ цы кæнон мæ профес- 8
сорæн та? Мæ зæрдæ арты судзы, тъæнджы мæйау, ниу- гæ кæны, уый та мæ зарын домы». \ Къоста Сæлимæты ацыдæй фæстæмæ йæ зæрдæм^ кæй ныхъхъуыста, уый уайтагъд фæхатыд профессор Окропъиридзе. Зын ын уыдис, ахæм курдиатджын лæп-х пуйы сагъæс кæй æвдæрзы. Гъемæ, архайдта Къостайы ’ уавæр фæрогдæрыл. Цал æмæ йæ цал хатты ахуыдта Автандил йæ хæдзармæ! — Мæнæ дын уый та ме ’стыр фыдæлы хæзна. Æз* дзы æппындæр ницæмæ февнæлдтон. Цæттæйæ мæм æр- хæццæ, — ацамыдта бæстыхаймæ къухæй Автандил.. Мидæгæй хъуыст пианинойы цæгъдын. Хæдзар æгасæй дæр аныгъуылд дыргъбæлæсты ас- тæу. Бур зестæй æмбæрзт хæдзары сæрыл бирæ рæтты æрзæбул сты шафран фæткъуыйы зад къалиутæ, кæрдо- йы къалиутæм цалдæр ран зæронд быцæутæ æвæрд, фæлæ уæддæр фырзадæй æркъæдз сты. -Иу бæласæй иннæмæ — гамак баст. Дидинæфтыд уыд цæхæрадоны рахиз къуым æгасæй дæр. Бæрзонд æмæ фæтæнкъабаз тутабæласы цæнгтыл хуымæллæгау, стыхсти ставд-зæнг сау сæнæфсир. Сæнæфсиры зад æмæ- рæгъæд цупæлттыл сырдтон цъиутæ сæхи ирхæфстой. Хæдзары тигъæй цæхæрадонмæ рахизæны —беседкæ, . йæ къултæ æнгом æхгæд сты хилгæ кæрдæгæй, уаты рудзгуытыл дæр чысыл хъуыраугæндты сагъд уыд алы- гъуызон дидинджытæ. Пианино классикон музыкæйæ рахызт гуырдзиаг адæмон мелодитæм. Дæсны адæймаг кæй цагъта, уый бæрæг уыд. Æддейæ бакæсгæйæ, Къостайы зæрдæмæ ам алцы дæр фæцыд, фæлæ йæ сæры февзæрд фарст: «Чи кæны дыргъдоны ахæм хæдзардзин куыст? Ау, профессор йæ- хæдæг? Æмæ кæм ары уыйбæрц рæстæг, йæ царды фылдæр хай консерваторийы куы ’рвиты, уæд?». — Тамрикъо, — пианино куы фæсабыр, уæд мидæмæ* бадзырдта Автандил. Нæхимæ хохы сау рæсугъд кæй фæхонынц, ахæм чызг уайтагъд рауад сæ размæ: — Базонгæ у. Чызг загъта йæ ном, уæззаугай райста Къостайы къух. — Нывгæнæг у, йæ фыды фæндагыл ацæуын æй нæ бафæндыд, — хъыгзæрдæйæ загъта, æви уайдзæфы хуы- 9/
зы; уый æххæст нæ рахатыдта Къоста. Чызг йе стыр мыдгъуыз цæстытæ базылдта йæ фыдмæ, цыма йын бус- тæ кодта, афтæ фæкаст Къостамæ. Лæппуйы зæрдыл æрбалæууыдысты Хетæгкаты Къос- тайы ныхæстæ: «Иæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр». Мæ фыд Сæрмæты дæр нæ фæндыд, цæмæй зар- ды дæсныйадыл сахуыр кодтаин, фæлæ æз мæхи фæнд акодтон. Æниу, чи зоны, мæ фыдмæ куы байхъуыстаин, уæд ахæм удхъизæмæртты нæ бахаудаин!» — Сæлимæ- тыл хъуыдытæ та йын ныццавтой йæ сæр, цæмæндæр сæ йæ мидсагъæсты Тамрикъоимæ кæрæдзийыл абарста. Тамрикъо зына-нæзына уыд Сæлимæтæй ставдкъа’баз- джындæр, стæй — ныллæгдæр, фæлæ йыл дзæбæх’ фи- дыдта хæдзарон халат. Цыдæр зынаргъ хъуымацæй уыд. Райдианы йæм, хуымæтæджы хъулæттæ фæкаст, фæлæ йыл йæ цæст лæмбынæгдæр куы ахаста, уæд æм фæкаст зоологийы къуымау. Цицыр йæ диссаджы къæдзил нып- пака кодта, афтæмæй сæрыстырæй кæсы алыгъуызон хъæддаг мæргъты астæуæй. Уыдон æм кæсынц цымыди- сæй. — Сихор цæттæ у, фынг уын кæм æрæвæрон? — йæ фыды сабыргай бафарста Тамрикъо. — Дæ мад ам ис? — йæ чызгмæ бакаст Автандил. Æдде фæцыд машинæйы хъæр. — Æнхъæл дæн, уый у! — дзуапп радта чызг æмæ уыпгмæ атындзыдта. Раст Тамрикъойы халдих, æрмæст карджындæр æмæ ставддæртæ, гасæйдæр сæрæй къæхтæм æрттывтытæ чи калдта, ахæм сылгоймаг æрбалæууыд сæ разы. йæ фæстæ чызгус дыууæ стыр чыргъæды уæззаугай æрба- цæйхаста. Чызг йæ мадыкъухæй райста, зебрайау, гæ- рæм хъулон чи дардта, ахæм харбыз. Сылгоймаджы къухтæ куы расæрибар сты, уæд æхсызгон æмæ зыланг хъæлæсæй сдзырдта Къостамæ: _ — Ай нæм уазæг куы ис. Алæбон æгас цу, — "ба- дардта йæм йæ цонг. Æртæ фæлгуырæй’ йыл — цонгыл- дарæнтæ, галиу къухыл — сыгъзæрин сахат. Иæ бæр- зæйыл лыстæг рæхысы уæлæ дыууæ дымст риуты ’хсæн нынныгъуылд сыгъзæрин майдан. — Гъе, уый та дын, Кетино, мæ ирон студент! — фæ- бæлвырддæр кодта Автандил. — Цæразонты Къоста? — цымыдисæй афарста ус. Уæдмæ йæ мады цур алæууыд Тамрикъо дæр. 10
— Раст афтæ, — цыбыр дзуапп радта Автандил. Мад æхсызгонæй йæ цæст æрхаста Къостайыл, раст цыма базары уæййаг уыд, æмæ йæ уый та æлхæнгæ код- та, афтæ йæхи хатыд лæппу мад æмæ чызджы раз. Фæ- лæ та йæм мад рæвдаугæ сдзырдта: — Хуыздæр фæу, мæ хур, хуыздæр. Автандил дзæ- гъæлы никæмæй феппæлы. Къостайæн цы ’мбарын хъуыд, йæ профессор фæсау- уонмæ йæ кой кæй фæкæны йæ бинонтæн, уый. Иæ зæр- дæ йын цыдæр фелхыскъ кодта. Æвæццæгæн сын Сæ- лимæты алыгъды кой дæр æркодта, уæдæ, — цыдæр æгуыдзæг уавæры йæхи хатыд Къоста, фæсмон кодта йе ’рбацыдыл. Ныр мын мад æмæ чызг сæхи тæригъæд- гæнæг скæндзысты, зæгъгæ. Фæлæ дзы ахæмæй ницы уыд. Бæркадджын сихоры фæстæ Автандил ацыд йæ кусæн уатмæ. ’Иу чысыл га- зеттæ æмæ журналтыл мæ цæст ахæссон, зæгъгæ. Ды та уал, мæ чызг, уазæг лæппуйы базонгæ кæн дæ аива- димæ, стæй кæдйæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дын уый дæр чи зоны иу зарæг нæ бахæлæг кæна. Æрмæст, — йе ’нгуылдзæй ацамыдта Автандил Къостайæн, — æнæуый дæ цæй тыххæй ракодтон, уый дын ам зæгъдзынæн. Ног зарæг ныффыстон «Тбилиси, мæхи Тбилиси», æмæ кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй концертмæ бацæттæ кæ- нæм. Зонын æй, Фигаройы кавантинæ цæттæ кæныс, фæлæ æз арæх нæ рæдийын. Цыма, мæ зарæг дæ бæрн бакæнынмæ кæй хъавын, уымæй дæр нæ фæрæдидзы- нæн, афтæ мæм кæсы. Къордæй мæ бафарстой^ ды та концертмæ цы ныффыстай^ зæгъгæ. Суанг мæм ахуыр- гæнджытæй чидæртæ дæр бахатыд, ацы хатт та, дам. мæнмæ радт дæ ног зарæг. Фæлæ сын загътон, сымах аккаг мæм ницы ис æмæ мæ ныууагътой. Къостайæн иуæй æхсызгон уыдис,. йæ уарзон профес- сор ыл йæ зæрдæ кæй дары, фæлæ йыл уыцы хъуыд- даг æвæрдта- фылдæр бæрндзинад дæр, цæмæй йæ раза- монæджы ма фæхудинаг кæна. Афтæмæй та йе ’уæны мигъ бадт — Фигароимæ ма, чи зоны, исты бакæнон, фæлæ ног зарæг ахæм цыбыр æмгъуыдмæ, — йæ ныфс нæ хаста, кæд цымыдис кодта, цавæр зарæг у, уый фехъусынмæ, уæддæр. Профессор ацыд йæ кусæн уатмæ. Тыргъæй Къоста- мæ æрбайхъуыст Кетинойы сабыр ныхас дæр. Уый æм- барын кодта йæ чызгæн, модæты ательейы мæм æн~ 11
хъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, æмæ сæм бауайон. Кетинойы фæстæ дыууæ чыргъæды тыхæйты чи æрбахаста, ууыл урс куатæ, афтæмæй стъол æфснайынмæ фæцис. «Æвæц- цæгæн, сæ лæггадгæнæг у», — ахъуыды кодта Къоста йæхинымæры. Лæппу баззад æнæхъæнæй дæр Тамрикъойы æвджид. Уый йæ акодта, æрдæбон чысыл раздæр пианинойæ цы уаты цагъта, уырдæм. Ам дæр — хæрзæфснайд уат, пъолтыл, къултыл — зынаргъ гауызтæ. Уаты иу къуы- мы — пианино, къултæм æввахс — къæлæтджын фæл- мæн бандæттæ æвæрд, сæ уæлæ — кæттаг хæдæттæ конд. Ацы уатæн йæ хурскæсæны ’рдыгæй ноджы уæ- рæхдæр уат, йæ къултыл дæр æмæ пъолыл дæр хæццæ æвæрд æмæ æппæрстæй алыгъуызон нывтæ, эскизтæ. Уыдис дзы уыцы иу нывæн цалдæргай варианттæ дæр. — Гъе, уый та дын мæ хъизæмардон. Æрмæст дзы ма фæтæрс. Ардæм æнæ мæн ничи цæуы. Ацы хъуыдда- гæн нывонд скодтон мæ уд. Мæ цардæй йæ фылдæр уарзын, мæ фыд та мын æй мæ цæстмæ дары, йæ дæсныйад ын кæй нæ равзæрстон, уый тыххæй. Тамрикъо исдуг фæхъус, стæй дарддæр кодта йæ ныхас. — Бæргæ, куы равзæрстаин мæ фыды дæсныйад. Куы хатин мæхимæ уый бæрц хъару, æмæ йын адарддæр кæндзынæн йæ хъуыддаг, зæгъгæ. Фæлæ бæллиц æмæ зæрдæйы фæндондзинадæй дарддæр хъæуы стыр кур- диат... Уый дæм нæй, уæд дæхи дæр тухæнæй марыс æмæ адæмы дæр. Мæ фыд мæ къорд азты æнувыдæй æууæпдын кодта, музыкалон курдиат мæм кæй ис, ууыл. Мæнæн та мæ цæстытыл æхсæвæй-бонæй нывкæнынад уади. Бауарзтон æй æмæ цæттæ дæн уый сæрвæлтау зындоны цыфыддæр хъизæмæрттæ æвзарынмæ. Къоста зæрдиагæй хъуыста Тамрикъойы ныхæстæм, раст цыма кæлæнгæнæг уыд, уыйау æй йæ хъуыдыты цагъар бакодта. Цæттæ уыд цæрæнбонтæм уымæ кæсын æмæ хъусыпмæ. Фæлæ æддаг уатæй фехъуыст телефо- ны дзæнгæрæджы хъæр æмæ йæ хæдфæдыл та Автан- дилы ныхас. Уымæн йæ кусæн уаты дæр уыд паралле- лон телефон æмæ уырдыгæй йæ ныхас дзæбæх хъуыст. —: Цы зæгъыс, цы? — Афарста Автандил. — Абон æнæвдæлон дæн. Уазджытæ, зæгъыс? — .афарста такæй- дæр! — Кæм уыдзысты? Минæварады? Хорз. Фæцæ- уын. — Телефоны хæтæл æрæвæрдта. Тамрикъо йæм 12
акаст дуары къæсæрæй. Уый рацыд æмæ бамбарын код- та йæ чызгæн, зынаргъ уазджытæ кæй ис, æмæ йæм кæй дзурынц, уый тыххæй. ,Иæ уатæй рахаста фыст нотæтæ æмæ сæ бадаргъ кодта йæ чызгмæ. — Мæнæ, Къоста, мæ уыцы ног зарæг. Æркæсут уал æм. Кæд мын фадат фæуа, уæд тагъд фездæхдзынæн. Автандил ацыд. Хæдзары баззадысты Тамрикъо, Къо- ста æмæ лæггадгæнæг сылгоймаг. Уый дæр раджы ба- фснайдта фынг æмаь цæхæрадонмæ йæхи райста. Тамрикъо иудзæвгар фæкаст, йæ фыд æм цы зарæг радта, уый нотæтæм, стæй æвæндонæй æрбадт пианино- йы раз. — Æркæс æм æмæ йæ афæлварæм. Æрмæст ды — профессионал, æз — хæдахуыр æмæ исты сарæхсон, нæ мæ уырны. — Комплименттæ кæнынмæ дæсны нæ дæн, фæлæ кæд æрдæбон пианинойæ ды цагътай, уæд тæрсын, дæ рыджы дæр куынæ фæзынон! — Къоста йæ цæстытæ нотæты ныццавта, бæрæг; уыд, йæхинымæры йæ кæй ахуыр кодта. — Цæй, иумæ йыл ацæуæм! — йæ хъуыды фергом- дæр кодта Тамрикъо. — Бафæлварæм уал иунæг куплет. Тамрикъо æрцагъта пианино. Къоста самыдта хæрз ныллæг хъæлæсæй зарæг. Музыкæйы æхцонзæл мелоди джиппау, бадт ныхæстыл. Ноджыдæр æмæ ма ноджыдæр сфæлхат кодтой фыццаг куплет. — Мæнæ ма ацы бынат’æрдæг нотæ ноджыдæр уæл- дæр сис! — бахатыд Къоста Тамрикъомæ. Чызг ноджы арæхстджындæрæй -æрцагъта. Йæ даргъ æнгуылдзтæ кафæгау кодтой клавишæтыл. Къоста ныц- цæлхъ кодта йæ тыхджын хъæлæсæй зарæг. Тамрикъо йæ цæстытæ нотæтæй нæ иста. Фæлæ æгасæйдæр за- рæггæнæджы арæхстджын зарды уацары кæй бахауд, уый цыфæнды хуымæтæджы цæст дæр, дардæй бакæс- гæйæ, æнцонæй рахатыдаид. Нæ^æр Къоста, Автанди- лы зарæг афтæ тынг йæ зæрдæмæ чи айста, нæдæр Там- рикъо, Къостайы хъæлæсы уацары чи бахауд, нæ ба- фиппайдтой, Кетино фæсдуар куыд февзæрд æмæ сæм зæрдиагæй куыд хъуыста, уый. Зарæг куы фæцис, уæд ус багæпп кодта æмæ Къостайыл ныттыхст. — Фарны къах æрбавæр нæ хæдзармæ кæддæрид- 13
дæр. Кæдæй-уæдæй ма æцæг зарæггæнæджы хъæлæс фехъуыстон. Тамрикъо каст, стыр дисы бафтгæйæ, йе стыр цæс- тытæй Къостамæ. Æмæ дзы, зæгъгæ, æфсæрмы нæ"код- та, уæд ыл, йæ мадау, ныттыхстаид уый дæр æмæ фыр- цинæй йæ цæссыг дæр фемæхстаид. Фæлæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæн райхалыны бар нæ радта. Мад æмæ.йын чызг ноджыдæр азарын кодтой иу къорд зарæджы, фæлæ профессор уæддæр нæ æмæ нæ зынд. — Ахсæв махмæ лæу. Авто йæ зарæгмæ байхъуса! — бахатыд æм Кетино. Фæлæ Къоста не сразы. Хæрзæхсæв сын загъта æмæ йæ фæндаг сарæзта студентты æмдзæ- рæндонмæ. Ныр æм мæнæ уал азы фæстæ- Тото æрбахаста уы- цы писмо. Конвертыл æддейæ адрес Сæлимæт кæй ныф- фыста, уый гуырысхойаг нæу. Фæстæмæ адресы бынаты дзы уыд: «Æхсæрджыны хъæу, колхозы правлени». Ис- дуг æй йæ къухы дардта, афтæмæй йæм æрхæндæг зæр- дæйæ каст. Хъуыды кодта, ахæм ахсджиаг рæстæг æй бакæна’, æви нæ, ууыл. Хорзæй йæм ницæмæ æнхъæлмæ кæсы. «Уал азы дæргъы мын мæ зæрдæрыст писмотæн дзуапп чи нæ радта, уый мæм хорзæй цы хъуамæ ныф- фысса ныр. Нæ, нæ йæ бакæндзынæн. Концерты размæ мæ зæрдæ мацæимæ хъуамæ дзура». Писмо иуварс бап- пæрста Къоста æмæ Фигаройы кавантинæ райста. Йæхи уымæ кæсæг скодта. Фæлæ дзы æрмæст сайдта йæхи. Уæдæй нырмæ йæм йæ абхазаг хæлар каст æмæ йын тæригъæд кодта, йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста æгасæй дæр, зæгъгæ. Къостайы ныхæстæй Тото зыдта Сæлимæ- ты. Зыдта, йæ ирон хæлары сæрыл æвзонгæй чырс цæ- мæн æрбадт, уыцы трагедийы аххос дæр. Фæсаууонмæ мæсты кодта Сæлимæтмæ. Фæлæ цы зæгъа, цæй! Нæ зоиы, дыууæ æвзонг -адæймаджы æхсæн сау гæды цæ- мæн азгъордта, уый аххосаг. Къостайæн йæ зæрдæ а5с- сайдта йæ зæронд ныййарджытæм дæр. Кæд сæ исчи тыхбт у. Æмæ æз та ам хъуыды кæнын цæйдæр хилда- сæджы кавантинæйыл. Йæхимæ рамæсты. Конверт тагъд-тагъд аскъуыдта æмæ дзы чысыл урс гæххæтт цыппæрдигъон тыхтæй систа. Райдыдта йæ кæсын: 14
«Къах дæ роны! Хæрзаг зæгъыс, кæддæр йæ хъая сæр хæххон сæгуытау бæрзæндты чи хаста, уыцы Сæли- мæты цыдæр æрсырдта, æндæр мæм йæ писмо пæр-пæр- гæнгаг, цæмæн æртахт хохæй горæтмæ. Удфидар у. Ма тæрс. Сæрсæфæны былыл мæ цард фæстаг халыл куы дзедзлой кæна, уæддæр макуыуал банхъæл — фæрсæр- дæм ма дæм фæкæсон. Мæ сыгъдæг зæрдæйæн æгъатыр- хъысмæт йæ хай скодта сыгъд амонд. Цъæх арт ыл куьг сирвæзт, уæд æй уыраугæ цæссыгæй ахуыссын кæнынмæ- хъавыдтæн, фæлæ йын ницыуал мæ бон бацис. Цъы- быртты сыгъд бацис мæ риуы. Хæрзбон загътон æвзонг- дзинады сæнттæн. Зæрдæйы бæсты ма æртхутæг базза- дис мæ риуы. Ницыуал дзы змæлы, ницыуал дзы дуды. Æрмæст дзы æнæ сцухæй зилы уазал дымгæ. Зæрдæйьг æртхутæг, тар мигътау сисы, райдайы йæ риуы къул- тыл хойын. Æмæ та дымгæ куы ’рсабыр вæййы, уæд,. куыройы къултыл ссады рыг куыд ’рбады, афтæ уый" дæр ’рбады риуы къултыл». Сæлимæт ам фескъуыдта йæ писмо, æвæццæгæн, бам- бæрста, йæ æвзонджы сæпттæ йæ сæйраг хъуыдыйæ иу- варс кæй асайдтой. Куыд фæзæгъынц, рынчынæн, дам, йæ низы хатт — йæ дзуринаг. Уыйау уый дæр. Цал азы фæцис йæ зæрдæмæ хъусынтыл, Райдианы Тбилисæй æмæхсæвæджы лидзинаг куы фæцис, уæд цæттæ уыдис* сæ хъæумæ ахæм æбуалгъ æфхæрд зæрдæимæ мауал æрбаздæхынмæ. Иудзæвгар афæстиат Къуары был дæр. Ие ’энæт хъуыдытыл цыдæр æндзыгдзинад æфтыдтоГг фурды сабыр уылæнтæ, цыма йын афтæ дзырдтой: «Ма^ хуры хай, Сæлимæт, дзæбæх чызджы каст куы кæныс,, уæд дæм цæмæн æрцыд æдылы хъуыдытæ. Асур сæ дæ- сæрæй. Уаих фæуай, уды гагайы хуызæн чызг, лæг дæ æгънæгæи бахуыйдзæн йæ хъуырыл, уæд цы кæныс?' Дуне иунæг Цæразонты лæппуйыл æнцайы? Арфдæр акæс цардмæ. Дидинæфтыд быдырæй^уæлдай нæу не* стыр дуне. Дидинджытæй та алчи дæр рæсугъд у. Ссар- дзынæ де ’цæг дидинæг, де *цæг амонд. Мæйдар æхсæв дын дæ развæндаг чи рухс кæна, сæрбахъуыды сахаг дæ цæстыты раз цырагъау чи басудза, дæ уыцы стыр амонд. Цæуы Къуары стыр дон йæ сабыр улæнтимæ Сæ:- лимæты рæзты. Цæуы æмæ рыстзæрдæ чызгæн йæ цæст- мæ дары йæ лæмæгъдзинад. «Ау, æндæр ницы, фæлæ дæ номыл сидзæргæсæй чи фæбадт, дæу йæ дзыхы ком- дзагæй чи схъомыл кодта, ды йæ цин, йæ ныфс кæмæн 15.
уыдтæ, уыцы ныййарæг мады зæрдæхудт та куыд рай- сынмæ хъавыс? Уæлæмæ сыст æмæ цæугæ хæдзармæ...». Æмбисæхсæвтæм æввахс Сæлимæт уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй фæзынд æфсæнвæндаджы вокзалмæ. Адæ- мæй дзы къухбакæнæн нæ уыд. Мыдыбындзыты гуыв- гуывау хъуыст сæ хæццæ ныхас. Бадынц, лæууынц къордтæ-къордтæй. Оæ цуры, пырхытæ-рæдзæгъдтæй — сæ хæссинæгтæ. Бирæты сæрмæ дзы тамакоиы фæздæг, мигъау сбадт. Сæлимæт йæ уæззау цæстæнгас ахаста вокзалы тсъуымты. Иæ рæбынмæ йæхи байста æмæ цыдæр ба- заргæнджыты фарсмæ афтид бандоныл йæхи æруагъта. Никæмæ сæ бакаст. Уыдон дæр æй уадиссаг не ’рхъуы- ды кодтой. Æвæццæгæн, боны хорз бабазар ^кодтой .æмæ ныр уазæгдоны дзæбæх баулæфынæн фæйнæ сомы бахардз кæнын сæ цæст нæ бауарзта æмæ та вокзалмæ сæхи æрбайстой. Сæлимæтыл ацы æнуд>ран ноджы тынгдæр æруæз кодтой, æнæнхъæлæджы цы æбуалгъы зындоны стæл* фыд, ууыл сагъæстæ. Иу афон Къоста фæмидæг æн- хъæлмæкæсæн залы. Сæлимæт барæй æрныгъуылд бæлццæтты ’хсæи. Тыхст адæймаг та афтæ лыстæджытæ нæ фæкæсы. Къоста адæмыл йæ цæст скъæфæгау акодта æмæ’ уайтагъд ахызт æндæр залмæ. Сæлимæт æм æргом рацæуынмæ хъавыд, хъуамæ йын загътаид; цæмæн райстай мæ зæрдæхудт, цы фесты, мæнæн цы ард бахордтай, æмæ мын мæ рухс сомбоны царды цы стыр ныфсытæ æв’æрдтай, уыдон, фæлæ сæ- рыстыр уыд рагæйдæр æмæ ахæмтæ йæ сæрмæ нæ хаста. Иæ къух ауыгъта йæ хъуыдытыл. «Нырма нæ цард нæ баиу кодтам, афтæмæй мын мæ зæрдæ скъахта. Цы уы- дзæн райсом ахæмимæ мæ цард? Удхъизæмар, тухи, уыраугæ цæссыгтæ. Нæй, нæй, ахæм адæймагæн йæ ау- уонæй дæр тæрсын хъæуы. Рæуæууæнк сылгоймагау ис- кæй ныхæстыл не ’ууæияът, мыййаг. Æдзæстуарзон адæм бирæ ис. Барæй искæй амонд фехалынц. Æз ахæм- тæн никуы бауагътаин мæ хъуыддæгты сæ фындз тъыс- сын. Фæлæ мæхи цæстæй цы [федтон, уый ма мын исчи цæмæн хъуамæ уырнын кæна»,. — Æрбахгæдта та Сæли- Мæты хъуыр. Тыхæй нынныхъуырдта йæ маст... Иæ цæстытыл та ауад уыцы æбуалгъ ныв. Аудиторитæй иуæй хъуыст Къостайы зарын. Чидæр^- тæ лæууыд рудзгуыты цур æмæ мидæмæ цымыдисæй 16
кастысты, мидбылхудгæ. Сæлимæт æмæ Къостайы ахаст зыдтой студенттæ. Гъе, æмæ Сæлимæт сæ цурмæ куы бацыдис, уæд сæ иу, Шота йæ ^хуыдтой, хъазаг лæппу, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта Сæлимæты раз æмæ йæм барæй сдзырдта: — Дæуæн, дзæбæх чызг, мидæмæ кæсын не ’мбæлы. «Ау, иннæ чызджытæй хъауджыдæр" мæнæн цæ- уылнæ æмбæлы, уæлдайдæр Къостайы хъæлæс куы хъуыст чысыл раздæр ардыгæй», — йæхинымæры хъуы1^ ды кодта Сæлимæт æмæ бакаст лæппуйы иувæрсты. Ба~ каст йе ’намондæн. Цыма йæ бонсихорафон арв ныццав- та, афтæ фæцис. Иæ зæнгтæ фæтасыдысты, йæ цæсты- тæ атарытæ сты, къулмæ нæ февнæлдта, уæд æнæахау- гæ нæ фæуыдаид. Къоста ныттыхст цавæрдæр чызгыл. Иæ хъуырмæ йæ æхсызгонæй нылхъывта. Чызг йæхæдæг дæр, .цъиуы лæппынау, аныгъуылд Къостайы дæл- лагхъуыр, йæ бырæузылд сæры хилтæ, гуырдзи- аг чурчхелатау, æрзæбул сты. Уæдмæ сæ уæл- хъус, æмдзæгъдгæнгæ, чидæр балæууыд. Фæлæ уый Сæ- лимæты нал æидæвта. Иæ хъустыл ма ауады- сты Шотайы хъазæн ныхæстæ: «Мæгуырæг, тæри- гъæд нæу ахæм рæсугъд ирон чызг. Æз уымæй куы уаин, уæд ныртæккæ бацæуин æмæ йын йæ дзыккутæ йæ армы авæрин». Шотайы хъазæн ныхæстыл ныппыр- рыччытæ кодтой, сæ цуры цы чызджытæ лæууыд, уыдон. Сæлимæт йæхи айста ацы фыдбылызы ранæй. Тыхæйты ма бахылд æмдзæрæндонмæ. Уайтагъддæр пæ чемодан афснайдта æмæ феддæдуар. Цыд, фæлæ йæ развæндаг нæ уыдта. Цыд, фæ’лæ нæ зыдта, кæдæм, уый. Æмæ йæ æппынфæстаг йæ фæндаг æрбахаста Къуары былмæ, уырдыгæй та — вокзалмæ. «...Иу рæнхъ дæр дæм бæргæ никуы ныффыстаин, фæлæ афтæ домы мæ службæ, — фыста йæ писмойы дарддæр Сæлимæт, — нæ парторганизацийы ног секретарь, уæхи Цæразонты Хъауырбеджы бафæдзæхстмæ гæсгæ ахæм писмотæ æрвитын, нæ хъæуæй æдде чи цæры, чи ахуыр кæны, уыдонæн се ’ппæтмæ дæр. Иынæтæм раджы ар-- выстон, фæлæ мын мæ цæсгом бар нæ дæтты Хъауыр- беджы хуызæн хорз адæймаджы афæливон, æмæ йын зæгъон, ома дæумæ дæр арвыстон. Гъе, уымæ гæсгæ дын хъусын кæиып колхозы правленийы фæндон. Колхозы разамынд бауынаффæ кодта æрвылаз дæр Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон саразыны тыххæй. Уы- 2. Хацырты С. 17
цы бæрæгбонмæ нæ колхоз хоны, нæ хъæубæстæйьæдде чи ахуыр кæиы, гъе, кусы, уыдонæн се ’ппæты дæр. Кол- хоз йæ иумиаг æмбырды сфидар кодта Къостайы номыл преми. Уый лæвæрд æрцæудзæн конкурсы жюрийы уы- наффæмæ гæсгæ, цытджын фыссæджы уацмыстæ хуыз- дæр чи сæххæст кæна, уымæн. Жюрийы сæрдар — уæхи Хъауырбег. Гъе, уый уыди мæ æхсæнадон хæс æмæ йæ сæххæст кодтон. Хъауырбеджы фæндонмæ гæсгæ колхозы Сæу- æхсиды бæсты схуыдтам Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз. Райдиан парторганизацийы секретары хæдивæг Æхсæртæгкаты Сæлимæт». Къоста исдуг бандзыгау, стæй къæхты бынæй уы- наргъгæ сулæфыд. — Уæхимæ дзæбæх сты? — фестъæлфыд Тотойы фарстæй Къоста. — Дзæбæх, — цыбыр дзуапп радта Къоста. Тото зыдта йæ хæлары зæрдæйы уаг. Истæуыл тых- сы, уæд æм уæлдай ма дзур, ма йæ схæц,рафæрс-ба- фæрсыл. Иуæй йæм хъыг кæсы, аннæмæй та дын зæгъгæ ницы кæндзæн. Æниу Тото, хъæуа, нæ хъæуа, алцы ба- зонынмæ йæ уды - быцъынæг чи фескъуыны, уыдонæй нæу. Фæлæ æмгары тыхст йæ зæрдæмæ арф исаг у æмæ йæ фæфæнды æмгары хъынцъым истæмæй уæддæр фæ- рогдæр кæнын. Фондз азы дæргъы уый Къостайæн уы- дис ныфсы мæсыгау. Йæ ацыд, йе ’рбацыдыл ын нæ хъæцыд. Намысджын æмгары йæ зæрдæмæ арф айста Къоста йæхæдæг дæр. Гъемæ сын сæ уыцы хæлардзинад зæрдæйы хъæдгæмттæн хосгæнæг фæцис. Сæ хъысмæт сæ æрхаста иу консерваторимæ, сæ дыууæйæн дæр ра- замонæг уыдис Окропъиридзе Автандил. Æмдзæрæн- доны дæр сыи хицæн уат радтой. Уат хурварс уыд, дыу- уæ рæстæмбис рудзынгимæ. Рудзгуытыл аслам, фæлæ сыгъдæг рудзынгæмбæрзæнтæ. Хуымæтæджы цъæтджын сынтæджытæ, дуары ’рдыгæй сынтæджы ныхмæ дыууæ лумбочкæйы, уаты бæрæг астæу электрон цырагъы æр- комкоммæ чысылгомау стъол. Лакæй ног ахуырст кæй уыд, уый йыл бæрæгæй зынд. Уаты онг семæ æрбацыд æмдзæрæндоны комендант æмæ сын цыбырæй загъта: '( — Лæппутæ, мæнæ уый уæ цæрæн уат, зæдты бадæ- нау — сыгъдæг, райдзаст, хурварс. Уырны мæ, уæхæдæг дæр æй афтæ кæй дардзыстут. Мæнæ уын фæйнæ дæ- 18
гъæлы. Фесæфтат сæ — мауал æнхъæлмæ кæсут аёмæ ма уын деида Аникъо ног дæгъæл радта. Æддæмæ цæуат — дæгъæлтæ алыхатт дæр ныууадзут швейцармæ. Æмдзæрæндонмæ фæрсаг адæмы ма хонут. Уæхæдæг дæр афоныл цæут ,бынатмæ. Æхсæвы иуæндæс сахаты фæстæ уæ швейцар мидæмæ нал æрбауадздзæп. Рудзгуытыл сусæгæй хизынвæнд чи скæна, уый-иу ма рахъаст кæ- нæд деида Аникъойæ. Æддæрдыгæй æрбайхъуыст сылгоймаджы цъæхснаг хъæлæс: «Деида Аникъо, иу чысыл ма рауай, дæ хорзæхæй». — Ныртæккæ дæм фæцæуын, Нана, — сдзырдта йæм зæрдæхæларæй æмæ йæ ныхас балхынцъ .кодта. — Нуа- зын, кампанитæ аразыны бар иæй æмдзæрæндоны. За- рут, ахуыр кæнут, уæ хорзæхæй. Æрмæст афтæ за- рут — мæнæн дæр æхсызгон куыд уа. Уæ зæрдыл да- рут: æз дæр ацы æмдзæрæндоны цæрын, уæ сыхаг дæн. Деида Аникъо-йæхи чи хуыдта, уый куы ацыд, уæд сулæфыдысты сæ дыууæ дæр. Кæрæдзимæ хæларæй ба- кастысты, сæ уатыл ногæй сæ цæст ахастой, фæлæ сæ чемодантæ æрбахизæны куыд æрæвæрдтой, афтæмæй лæууыдысты, нæ сæм февнæлдтой. Сæ дыууæ дæр уат- мæ бахизгæйæ, ахъуыды кодтой, галиуæрдыгæй сынтæг хуыздæр ран ис, зæгъгæ. Фæлæ сæ ничи батагъд кодта йе ’рцахсыныл. — Цæй, куыд, бирæ лæудзыстæм? — зæрдæхæларæй сдзырдта абхазаг лæппу. — Дæ хорзæхæй, æфсымæр, кæцы сынтæг дзы дæ зæрдæ зæгъы, уый равзар. — Бузныг дæ уæздандзинадæй. Махмæ, Ирыстоны кæддæриддæр хисдæрæн разыбар вæййы. Мæнмæ гæсгæ, ды мæнæй иу чысыл хисдæр зыныс, гъемæ, фыццаг- бар — хисдæрæп. Абхазагæн æхсызгон уыдысты Къостайы ныхæстæ. Уый чысыл раздæр равдисынмæ хъавыд йæ уæздандзи- над, фæлæ уыйæмрæстæджы цымыдис кодта, цымæ йе ’нæзонгæ æмбал та йæхæдæг цас æххæст у уыцы уæз- дандзинадæй, зæгъгæ. Гъемæ йæм Къоста дæр зæрдиагæй куы бахатыд, уæд абхазаг барæй равзæрста рахиз сынтæг, Къостайæн та афсон кодта, хурæй æз Сау денджызы был фæлмæ- цыд дæн æмæ дзы ам иучысыл уæддæр баулæфон, зæгъ- гæ. Алчи сæ йæ тумбочкæмæ йæ чемоданæй цыдæртæ бафснайдта. Къоста бамбæрста, абхазаг барæй кæй 19
равзæрста рахиз сынтæг. Гъемæ та йæхæдæг дæр зæр- дæхæларæй сæ иумиаг чысыл стъолыл æрæвæрдта бур- бурид фыхæй æнæхъæн карк, дзаджджын уæливыхтæ, дыргътæ. Сæ фарсмæ, иу литры бæрц кæм цыдаид, ахæм термос дæр схъил кодта. Диссаджы рæсугъд чызг, къуырддзыкку, урс кофтæ æмæ сау ибкæйы йæ фарсыл нывгонд, чызджы къухы — чашкæ, цай цымы. — Мæ мад мын сæ фæндагмæ æрцæттæ кодта, фæлæ мын дзы саходыны фадат нæ фæци. Кæд гæнæн ис, уæд нæ къухтæ ныхсæм æмæ иу чысыл нæхи истæмæйты фæ- сайæм! — Къостайы хуыны фарсмæ йæ хуын æрæвæрд- та Тото дæр. Уайтагъддæр кæфы æхцон тæф фындзы хуынчъытæ ныццавта. Къостайæн æм йæ комы дæттæ æруадысты. Æппæты фыццаг æй цы бафæндыд, уый уыд, Сæлимæт йемæ куы басихор кæнид, зæгъгæ. Фæлæ йе ’нæзонгæ æмбалæй æфсæрмы кодта. Лæппутæ хи- хсæнæй куы рацæйцыдысты; уæд сыл тыргъы сæмбæлд Сæлимæт. Æфсæрмы худт бакодта. Тото фестъæлфыд. Чызгмæ хъуызгæ каст бакодта. Уый фæфиппайдта Къо- ста дæр. Сæлимæты фæурæдта. ^ — Сæлимæт, базонгæ у мæ абхазаг æмбалимæ! — Тото æмæ Сæлимæт райстой кæрæдзийы къухтæ. — Чи зоны, де ’мирон дæр немæ басихор кæна? — Тото фæрсæджы каст бакодта Къостамæ. — Куыд дæ фæнды, Сæлимæт? — Афарста йæ Къо- ста дæр. — Нæ, бузныг. Уæхицæн хæлар! — раарфæ кодта Сæлимæт æмæ йæ уаты дуар бакодта. Уый бæргæ æхсыз- гонæй фæндыд Къостаимæ басихор кæнын, фæлæ йæ фыццаг æрбакъахдзæфæй хатыд æмдзæрæны фарн æмæ ’гъдау. Исчи йæ лæппуты уатæй рахизгæ куы фена, уæд куыд ахъуыды кæндзæн, зæгъгæ. Æмæ, æниу, ацы^ удыгагайы хуызæн абхазаг лæппуйы цæсты мæхи цы ’фтауон. Цæмæн хъуамæ зæгъа, æз ын æфсоны загъд кодтон, уый та йæхæдæг пæ сæрæй дуæрттæ кæны. Уый гæнæн нæй. Зæрдæйы рохтыл чызг хæцын куынæ фæзо- ны, уæд аслам кæыы. Къоста æмæ Тото сæ уаты стъолы фарсмæ æрбадты- сты кæрæдзийы ныхмæ. » — Деида Аникъо нын æй нæ уадзы. Стæй раст куы зæгъон, уæд йемæ хæлар дæр нæ дæн. Фæлæ хуын у. Сæлимæты мад мын æй æрбахаста! — термосæй сырх 20
ахуырст дыууæуагъд арахъæй агуывзæты æркодта се ’мбистæм... — Нæ базонгæйы тыххæй. Тото абхазаг сæны авг систа, фæлæ Къостайы га- джидауы ныхмæ ницы загъта. Цымыдис кодта, ирон нозт цы хуызæн у, ’уымæ. Ацаходыдта дзы, ныккæрзыд- та æмæ агуывзæ стъолыл æрæвæрдта. — Нуазгæйæ у! — Уый куы баназон, уæд иу къуыри байгомыг уы- дзынæн, — тыхстæй загъта Тото. Фæлæ йæ Къоста уæд- дæр нæ ныууагъта æнæбаназгæ, стæй йын йæ къухьгфæ- сагъта карчы сгуы, йæхæдæг та кæфæй систа иу хай æмæ йын цыма хæрынæн æвгъау кодта, уыйау æм ’хсыз- гонæй басмыста. Афтæ райдыдта сæ хæлардзинад абхазаг æмæ ирон лæппуйæн консерваторийы. Фондз азы уыцы хæлардзи- над ауагъта арф къабæзтæ. Сæ кæрæдзийæн дæ цæст сау никуы загътой. Уыцы ахаст ахызт сæ ныййарджы- тæм дæр. Кæрæдзимæ цæуын райдыдтой уазæгуаты, хас- той бæркадджын хуынтæ. Консерваторийы адæм сыл афтæ сахуыр сты, æмæ сæ, зæгъгæ, искуы хинæнæй федтой, уæд сæ-иу нæ уырныдта. «Æнæ сæ кæрæдзи нæ фидауынц», — хæларæй-иу загътой бирæтæ. Афтæ æрхæццæ сты паддзахадон экзаменты онг. Ныр мæнæ, ацы изæр Къоста профессоры хæдзарæй куы ’рбацыд æмдзæрæндонмæ æмæ Сæлимæты писмо куы бакаст, уæд исдуг йе ’нкъарæнты зæйы бын фæцис. йæхицæн бынат нал ардта. Афтæ цы Сæлимæтæй хъуы- ды кодта, чъылдымздæхт мæм у, зæгъгæ, уый дæр уал азы дæргъы кæд æхсадта судзгæ цæссыгæй йæхи. Къо- ста цæттæ уыд чызджы тæригъæдæй зæххы скъуыды ныххауынмæ. Иæ хъуыдытæ йæ, базырджын маргъау, аскъæфтой æмæ йæ Сæлимæты раз авæрдтой. Зæрдæ- рыст æмæ дзы сæркъулæй хатыр куырдта: «Ныххатыр кæн, мæхи Сæлимæт... Ныххатыр мын кæн, уал азьг мæн тыххæй цы æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыстай, цы би- рæ цæссыгтæ фæкалдтай, уыдоны... Фæлæ ард хæрын нæ сыгъдæг уарзопдзннадæй, кæд æз зонын мæ аххос Бонсихорафон мæ арв ныццавта, æви цы фæрæдыдтæн? Зæгъ мын мæ рæдыд æмæ дæ мин-мин хатты хатыр ра- курдзынæн. Куы йæ базонон — æнцондæр уыдзæн мæ- хицæн дæр...» Æнкъарæнты ахасты бирæ нæ фæцис Къоста. Иæ цæстытæ ногæй андæгъдысты писмойы хицæн рæнхъы- 21
тыл. Зонд фæсырдта æрхæндæг æнкъарæнты уайтагъд- дæр æмæ Къостайы зæрдæ айдзаг кодта æгæрон циндзи- надæй. «Ирон адæмы сæрхъызой Хетæджы фырты бæ- рæгбон кæндзæн пæ райгуырæн хъæу!..» — Зоныс, мæхи Тото, экзаменты фæстæ, куыд ба- дзырдтам, афтæмæй хъуамæ ацыдаиккам Абхазмæ, уæ- химæ Каштакмæ, уырдыгæй та Ирыстонмæ — нæхимæ. Ныр нæ нæ маршрут аивын бахъæудзæн. Тото йæ хъустæ фæхъил кодта, цымыдисæй æнхъæл- мæ каст, Къоста цы зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ Къоста нæ тагъд кодта. Тарст, мыййаг та мæ æнкъарæнтæ сæ фæ- дыл куы асайой, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ дзырдта сабыр- гай, ныллæг хъæлæсæй нывæзта йæ хъуыдытæ: — Ацы писмо мын æрхаста стыр маст, стыр цин. Маст фондз азы дæргъы де ’нæзонгæ нæу. Зоныс æй æмæ ма йыл погæй цы дзурон. Фæлæ цип!^ымæн æнæ- дзургæ нæй. Мæ райгуырæн хъæуы зæхкусджытæ ба- уынаффæ кодтой æрвылаз дæр Хетæ’гкаты Къостайы номыл бæрæгбон аразын. Нæ хъæуыл дæр сæвæрдтрй стыр фыссæджы ном. Æмæ ма ноджы иу ахсджиаг хъуыддаг—бæрæгбоны рæстæг æрвылаз дæр уадздзы- сты конкурс — стыр фыссæджы нæмæлгæ уацмыстæ хуыздæр чи сæххæст кæиа, уый тыххæй. Гъе, уыцы ха- бар мæм. æрæскъæфта ацы писмо хæхбæстæй ардæм. Хонынц мæ, стæй курыпц, цæмæй хайад райсон кон- курсы. — Арфæ дын кæнын рагацау, Хетæджы фырты лау- реат! — Бузныг, бузныг, фæлæ дзы хайад райсын цас аив хъуыддаг у. Хихъæппæрисон къордимæ быцæуыл схæ- цон? — Фарст, чи зоны, раст æвæрыс, фæлæ хъуыдда- гæн цас ахадындзинад ис, уымæ бацæуын хъæуы пад- дзахадон сæрæй. Колхозмæ уæлдай æхцатæ нæй. Стæй стыр фыссæджы ном дæр хъæу йæхиуыл æнæхъуаджы нæ сæвæрдтаид. Стыр фыссæджы ном домы кадджын хъуыддæгтæ колхозы æппæт хæдзарады дæр. Бæрæгбо- нæн æнæмæнгдæр ис стыр нысан. Æмæ стæй кæд уæ хъæу фесгуыха, уæд мæ фидарæй уырны, уæ сыхаг хъæутæ дæр уæ кæй бафæзмдзысты. Хуыздæр фæуæд йе ’рхъуыдыгæнæг, хуыздæр. Фæлæ уæддæр маршруты ха- бар куыд?.. — Дæхæдæг уыныс: нæ экзаменты фæуд æмæ бæрæг- 22
бон кæрæдзи æййафынц. Гъе, уымæ гæсгæ, раздæр — Ирыстонмæ, уый фæстæ — Сау денджызмæ. Хорз уаид, Автандил Гиглайы фырт дæр куы сразы уаид немæ ра- цæуыныл. — Абхазмæ кæд разы у, уæд Ирыстонмæ... — Абхазы, мæ хæлар, денджыз ис, денджыз... — Мæимæ афтæ кæсы, æмæ профессор æнæмæнг бацымыдис кæндзæн ахæм æнахуыр конкурс хи цæстæй фенынмæ. Мæнæ дын æз зæгъын махицæй — стыр æх- сызгонæй райсин хайад ахæм конкурсы. Уæдæ дзы иро- нау, стæй абхазаг æвзагыл азарин Къостайы «Усгуры мæт». Тото æхцонзæл мыртæй сагайдта зарæг: «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай, куынæ дæ федтаин, бæргæ. Да^ худынмæ, дæ зарынмæ кæм лæууы иунæджы зæрдæ», Къоста зарæг айста æмæ дыккаг куплет райдыдта за- рын. Ныссабыр зарæг пианинойы зæлтимæ. — Æри дæ къух, куыд ацы зарæг акæндзыстæм иумæ. — Табуафси, Къоста, стыр æхсызгонæй. Æрмæст æнæ конкурсæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ иугæр конкурс хъæубæстæ расидтысты, уæд конкурсы хайад исыны бар ис æрмæстдæр хъæуггæгтæн, гæнæн ис, уыр- дыгæй чи алыгъд, фæлæ хъæубæстыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, ахæмтæн дæр. — Цæй, уый, мæхи Тото, бынаты бæрæг уыдзæн, фæ- лæ Гиглайы фыртмæ ды фæу мæ минæвар. — Ды мæнæн куыд уыдтæ, афтæ. Бафæлвардзынæн, мæ тыхтыл нæ бацуарддзынæн. — Уæдæ, экзаменты фæстæ цæуæм Ирыстонмæ. — Гъай, гъай, мæ хæлар, Хетæджы фырты бæрæг- бонмæ. Ныр та нæхимæ фехъусын кæнон рагацау, нæ маршруты чысыл ивындзинад кæй æрцый, уый тыххæй, æндæра æгæр раджы сцæттæ кæндзысты куывд. — Тото райста гæххæтт æмæ фыссæнтæ, Къоста та ногæй писмо- йыл йæ цæст хæссын райдыдта. Оперон театры бæстыхайы раз адæмæй къухбакæ- нæн нæ уыд. Мæнæйдæр ма, къуыри раздæр бæсты- хæйтты къултыл, автобустæ æмæ троллейбустыл — алы 23
ран дæр ныхæст уыд афишæтæ. Уыдон хъусын кодтой консерваторийы ног концерты тыххæй. Рæсугъд афишæ- тæ сарæзта декоратор. Афишæйыл цалдæр ран къорд- гæйттæй дæр/хицæнтæй дæр хайадисджыты хуызисттæ. Сæлимæт æй куы федтаид, уæд бæргæ бамбæрстаид йæ рæдыд, фæлæ ма цафон! Афишæйы уæллаг рахиз къуы- мы Цæразонты Къоста севилаг цирюльничы дарæсы •ныхъхъæбыс кодта цавæрдæр сылгоймаджы. Фондз аз- мæ æввахс Сæлимæт консерваторийы залтæй иуы Къос- тайы кæйдæр чызгимæ хъæбысгæнгæ куыд федта’, афтæ. Фæлæ уæд чызг æмæ лæппуйыл уыдис сæхи дарæс æмæ Сæлимæты дæр уыйфæсайдта. Горæты цæрджытæ стыр^ цымыдисæй æнхъæлмæ кас- тысты концерты бонмæ. Гъ’е, æмæ мæнæ æрхæццæ, æп- пынфæстаг, уый дæр. Театры бæстыхайы раз адæм схъомпал сты. Сæ фылдæр агурынц билеттæ, фæлæ кæм ис. Къуыри раздæр уæйгонд æрцыдысты иууылдæр. ...Адæм æрхъæцмæ нал фæхъæцынц æмæ æппын- фæстаг куы ныццæгъды дзæнгæрæг, уæд æхсызгонæй ивылын райдайынц мидæмæ. Цы у хуынд адæм æмæ, билеттæ кæмæ ис, уыдонæн. Алчи сæ йæ бынат ссары, зонгæтæ æмæ æнæзонгæ адæмыл аивæй йæ цæст фæхæс- сы, фенхъæлмæ кæсы сценæйы æмбæрзæн байгоммæ. Фæлæ сценæйы байгоммæ ноджы тыхстдæрæй фен- хъæлмæ кæсынц гримгæнæн4 уæтты концертты хайадис- джытæ. Ам дæр та иу уаты сты Тото æмæ Къоста. Тото æртыккаг дзæнгæрæджы фæстæ гæзæмæ йæ мидбыл фæхудт æмæ ма ноджыдæр иу хатт йæ «севилаг цирюль- никыл» йæ цæст æрхаста. Дзæбæх фидыдта Къостайыл хйлдасæджы дарæс. Къоста кæй тыхст, уый йыл бæрæ- гæй зынд. Тотойы фæндьтд, цæмæй йæ хæлары сæрæй фæсырдтаид, æнæхъуаджы йæ чи тыхсын кодтой, уыцы хъуыдытæ. — Къоста, тыхсыс? Къоста æвæндонæй фæхудт, йæ иузæрдион хæларыл йæ цæст æрхаста æмæ йын æргомæй загъта: — Тыхсын, мæхи Тото, тыхсын... Ды та? — Æз дæр! — йæ хæлары уæхскыл йæ къух æрæ- вæрдта Тото. Тотойæ ахæм дзуапп райсын æнхъæл никуы уыд Къоста, æмæ йæ чысыл раздæр цы сагъæстæ сбырстой, уыдон уайтагъддæр йæхицæй асырдта дард. Фæстаг ми- 24
нуттæ ма, æмæ йæ фæндыд Тотойæн исты ныфсæвæрæн ныхæстæ зæгъын. — Хæрз дзæгъæлы тыхсыс, Тото. Ай, фендзынæ^ хъуыддæгтæ куыд дзæбæх ацæудзысты, уый. — Фæлæ уæддæр тыхсын, Къоста. Стыр бæрнон хæс ныл æвæрд ис. Мæ царды нысаны тæккæ ахсджиагдæ- рæн цы фæндаг равзæрстон, ууыл абон кæнын фыццаг къахдзæф. Сывæллон тæрсгæ-ризгæйæ фыццаг къах- дзæф куы акæны, уымæй фылдæр ныфс мæхимæ нæ ха- тын. Адæмы раз бæрндзинад уæззау уаргъ у. Къостайæн æхсызгон уыдысты йæ абхазаг хæлары æргом æмæ арф хъуыдыджын ныхæстæ. Иæхиимæ дзу- рæгау сæ сфæлхат кодта: «Адæмы раз бæрндзинад уæз- зау уаргъ у». Уыцы уæззау уаргъыл хъуыдытæ уæлдай тынгдæр-æвдæрзынц Къостайæн йæхи дæр. Фæлæ сæ йæхицæй дард суры. Æдзухдæр хъазæн ныхас, æхцок худт йе ’мбæлццон кæмæн уыдысты, уыцы Тото йæм ныртæккæ æндæргъуызон фæкаст. Йæхи мæт нал кодта Къоста. Уый цæттæ уыд-ацы уысм цырагъау басудзы- ныл йе ’мгары раз, æрмæст ын истæмæй феххуыс уон, уый йеттæмæ, зæгъгæ. Æгæр мæгуыр, йæ хæлары никуы ницæмæй афæлывта, фæлæ йын ныр иу гæды ныхас бахуын кодта. — Зоныс, Автандил мын цы загъта, уый? Тотомæ, дам, бæргæ мæ зæрдæ не ’хсайы. Æнæхъæн рæсугъд абхазаг зæххыл, дам, дыккаг ахæм булæмæргъ зын сса- рæн у. — Æцæг? — Къостайы ныхас æй цыма бауыриыдта„ ахæм хуыз равдыста Тото. Хæлæртты ныхас фескъуыдта залыбадæг адæмы тых- джын къухæмдзæгъд. — Хорз цæуынц нæ хъуыддæгтæ! — атыхсæгау код- та Тото Къостайыл. Адæмы къухæмдзæгъд куы фæсабыр, уæд æрбай- хъуыстысты коиферансейы ныхæстæ: «Ныртæккæ уын Цæразонты Къоста италиаг æвзагыл азардзæнис оперæ- «Севилаг цирюльник»-æй Фигаройы кавантинæ. — Гъæйтт, ма фæхудинаг кæн дæ рæсугъд Ирысто- •;ы. Хæхты фарн дæ фарсхæцæг, Уастырджи — де ’мбал!—Афæндараст æй кодта Тото. Къоста фæзынд сценæйыл. Тото гримгæнæн уаты иу- нæгæй куы аззад, уæд æцæгæй тыхсын райдыдта йæ хæ- лары тыххæй. Иæхинымæры ныхас кæныныл схæцыд: 25
«Тото, Тото, дæ хорзæхæй, цæуыл тыхсыс, æви нæ зоныс, дæ иузæрдион æмбал Цæразонты Къоста консерватори- йы студентты фидыц кæй у, уый? Ма йын тæрс. Уый хуызæттæ нæм фылдæр куы уаид. — Æддæрдыгæй æр- байхъуыст Къостайы тыхджын хъæлæс «ля, ля, ля, ля, ля...» Цыма Тотойæн æцæгæй дæр афтæ дзырдта: «Тæрс- гæ мын ма кæн, мæ хæлар, Къоста дæ нæ фæхудинаг кæндзæн». Нæрынц театры залы къултæ севилаг хилдасæджы зарæгæй. Адæм ныхъхъус сты, цыма сæ улæфт фæурæд- той, уæлдай фезмæлдæй тæрсынц, уыйау. Зарæг та фес- тад базырджын маргъ æмæ æвидигæ, рæсуг суадонау, минмырон уаз зæлтæй сценæйæ адæмы зæрдæтæм аца- рæзта сыгъзæрин хид. Æнахуыр æхцондзинады аны- гъуылдысты адæм. Фæндыд сæ, ацы зынаргъ уысмæн фæуæн куынæ уыдаид, йæ кæлæнгæнæг тыхы дæлбар куы таиккой æмæ ’руаиккой. Зарæг фæхæццæ кæны кæронмæ. Тото цирюльничы зарæджы ныхæстæй арфæ кæны Къостайæн: «Арфæ дæу хуызæн сæрæн гуырдæн». Фæцис зарæг. Ныннæрыдысты адæмы тыхджын æм- дзæгъдæй залы къултæ. Хæццæ ’мдзæгъд рахызт ритми- кон æмдзæгъдмæ. Хъуысы дæсгай адæймæгты хъæлæс- тæ «Бис, бис!», зæгъгæ. Æртæ хатты рацыд Къоста сце- нæмæ, æртæ хатты азгъордта фæстæмæ, фæлæ уæддæр тыхджын æмдзæгъд не ’нцад. Къоста фæссценæйæ конферансемæ бакаст, уый йын сæры тылдæй бамбарын кодта, æпæазаргæ дæ нæ ныу- уадздзысты, зæгъгæ. Зарды уæлахиздзинад ын фæфыл- дæр кодта йæ ныфс æмæ уæндондæрæй æрлæууыд но- гæй пианиномæ хæстæг. Гримгæнæн уаты та цин кæны Тото йæ хæлары æвæ- джиау æнтыстыл. Къоста пы’рма ныр фæхатыд, йæ уарзон профессор Автандил кæй бады залы раззаг рæгъыл йæ ус Кетино æмæ йæ чызг Тамрикъоимæ. Автандилы цæсгомыл зы- нынц цииы уылæнтæ. Кетино æмæ-Тамрикъо та сæ къух- ты дзуарæвæрд æлхъывдæй арфæйы ныхæстæ æрвитынц сценæмæ. ^Ногæй та ныййазæлыдысты залы къултæ. Ноджы ныфсджындæрæй азæй кодта адæмыл зарæг. Залы ба- дæг музыкæйы пахуымпартæй чидæртæ æхсызгонæй кæ- рæдзимæ бакастысты. Амондагур сылгоймæгтæй бирæ- 26
тæ бабæллыдысты: «Тæхуды, ды ^æй хай фæуай». Зæ- лы зарæг. Хъусынц адæм. Дыккаг æмæ æртыккаг бон Тбилисы цæрджытææхсыз- гонæй кастысты бынæттон газетты фæрстыл консервато- рийы концерты тыххæй æндæр æмæ æндæр авторты уац- тæ. Цал æмæ дзы цалæй раппæлыдысты! Республикæйы музыкалон аивадтагъд иог, дæсны кадртæ кæй райсдзæн, уыйтыххæй æппæлыдысты æмткæй консерваторийы фæл- тæрд, сæ хъуыддаджы дæсны разамонджытæй. Гъе, фæлæ тбилисæгтæ уæддæр æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон критикты — музыкæйы пахуымпарты уæзгæ ныхасмæ. Æмæ’уыдон-та тагъд никуы фæкæнынц. Музыкæйы кæ- лæнгæнæг тых хорз зонынц, фæлæ йын бар никуы фæ- дæттынц... Зонд, зæххон лæджы зонд рæсугъддзинады тæрæзтыл æппæт дæр фæбары, æппæт дæр лыстæггай бахынцы æмæ æрмæстдæр уый фæстæ рахæссы йæ ны- хас адæммæ. Гъе æмæ уыцы раст ныхасмæ æнхъæлмæ кастысты газеткæсджытæ. Уæвгæ, фыццаг уацты фæстæ музыкæуарзаг адæмæй бирæтæ арфæйы писмотæ æрвы- стой консерваторимæ, редакцитæм æмæ сæ куырдтой, цæмæй ма иу хатт уæддæр радтой сæ концерт. Æддейæ æрбайхъуыст, деида Аникъо’ йæх’и чи хуыд- та, уыцы сылгоймаджы хъæр. йæ къухы газет тилгæ, æрбацыд Къоста æмæ Тотойы уаты рудзынджы цурмæ. «Лæппутæ, уæ хæрзæггурæггаг мæн. Мæнæ уæ «Заря Востока» арвмæ систа фырæппæлдæй. Ацы газет мæнæй раздæр горæты цæрджытæй никæмæ ма ис. Мæ хæрæ- фырт типографийы мыхуыргæнæгæй кусы æмæ.йæ уый æрбахаста. Бакæсут æй, мæ хуртæ, сымахæн дæр æхсыз- гон уыдзæн. Фæлæ-иу магарич ма ферох кæнут». — Лæппуты рудзынгæй æрбаппæрста газет æмæ йæхæдæг фæцæуæг. Уыцы газет фестад маргъ æмæ ныппæррæст кодта республикæйы горæттæ æмæ хъæутæм. Кастысты йæ алы ран дæр. Кастысты йæ Æхсæрджыны хъæуы æмæ Каштакы дæр. Уыцы газет Къоста æмæ Тотомæ цингæнгæ куыд баскъæфта деида Аникъо, афтæ йæ цин- гæнгæ баскъæфта Сæрмæт æмæ Къусрианмæ Къостайы иузæрдион хъæуккаг хæлар Дзантемыр æмæ сын æй -хъæрæй кæсын райдыдта. Къусрианы рустыл цины цæс- сыгтæ æрхъуызыдысты. — Не ’фсин, кæуынтæ, йедтæ ныууадз, фæлæ дæ за- раг фыртмæ хуын бацæттæ кæн! — йæ циндзинад æм- бæхсгæйæ, сдзырдта Сæрмæт. Уый, Къоста йæхи фæнд 27
куы атардта æмæ консерваторимæ ахуыр кæнынмæ куы асхуыста, уæд иу æмæ дыууæ хатты нæ бауайдзæф код- та Къусрианæн, дæхи хуызæн хивæнд у, зæгъгæ. Гъемæ, дæ фырт фестæд. Мæнæн мæхи чызг цыфæнды лæппу- йæ сæрæндæр у. Иæ фыды халдих. Къусриан æмбæрста йæ лæджы зæрдæйы уаг, мид- хъуырдухæн, æмæ йæ кæд Сæрмæт хивæнд рахуыдта,. уæддæр æм фæстæмæ сдзура, йæ зæрдæ йын исты ны- хасæй фæриссын кæна, уый йæ цæст никуы бауарзта. — Хорз, мæ хæдзар, хорз! Дæхи куыд фæнды, афтæ уæд! — Иæхинымæры та-иу загъта: «Æз мæ хъæбулты дихтæ нæ кæнын. Сæ дыууæ дæр мæ зæрдæйы тæгтæ сты æмæ сын мæ уд нывонд фæуæд...» Уыцы газет сусæгæй кæсыныл схæцыд Сæлимæт дæр æмæ та йæ сыгъдамонд уарзондзинады дудгæ рыстæй æгасæйдæр ныккæрзыдта. Р1æ цæстысыг фемæхст, ставд фæрдгуытæй тылд рустыл æмæ-иу се ’мыр тъæпп фæ- цыд газетыл. Куыдта йæ сæфт амондыл Сæлимæт. Куыдта, уал азы дæргъы йыл куыд куыдта сусæгæй, афтæ. Иæ зæр- дæйы судзгæ рыст, стыр хъæдгомы тыххæй, арæх чыз- джытæ куыд фæкæнынц, афтæ никуы- никæмæн рахъæр кодта. Йæ, хуыздæр æвдисæнтæ — сæрд бæрзонд сæр- вæтты пухбазыр дидинджытæ, хъуытаззæл æхсæрдзæн- тæ, рæсуг суадæттæ, арф комы — цъити хæхтæй .рай- гуыргæ Леуахийы дон; зымæг — уадтымыгъы зæрдæ- халæн ниуд, &рф хъæпæнтæ. Бафæрс уыдонæй алкæй дæр — зонынц Сæлимæты уыраугæ цæссыгтæ, йæ зæр- дæйы хъæдгомы рис. Зонынц, фæлæ ницы хъæр кæньшц. Мæнæ цыма æмдзырд бакодтой, хъуытаззæл æхсæр* дзæнтæ æмæ Леуахийы уылæнты сыр-сыримæ, ома «ссы, ссы, ссы...» сабыр сонт чызджы сусæг сæнттæ схъæргæнгæйæ не сты», уыйау иугæндзонæй фæдзæх* сынц сæ кæрæдзи «сс, ссы...!» Сусæгдзииад пæ хъæр кæпынц хæхбæсты рæсуг суа- дæттæ, фæлæ ис се ’хсæн ахæмтæ дæр æмæ æвæндонæй йæхимид чи бахъуыр-хъуыр кæны. Дидинджытæ куы иуы- рдæм, куы инпæрдæм сæ хУрдзæст сæртæ исты ныхас ф^хъусын æнхъæл æхсызгонæй бæргæ акъул кæнынц, фæлæ суадæтты хъуыр-хъуыр сæ хъустыл куы ауайы, уæд æваст фырæфсæрмæй ацъæхтæ-буртæ вæййыни, кæмæн та сæ туг ныццæвы йæ æхсыргъуыз рустæм 28
сырх-сырхид авæййынц æмæ та æнцад, рагон ирон чын- дзау, æдзæмæй слæууынц. Кæуы Сæлимæт, кæуы. & * * Почтæ бирæ газеттæ æмæ журналтимæ бацыд Автан дилæн йæхи хæдзармæ дæр. Абон улæфты бон уыд. Ав^ тандил бадт йæ кусæн стъолы фарсмæ пижамæйы æмæ кæйдæр къухфыстытæ каст. Дуарахæсты йæ фæкодтой æрыгон композитортæ, бирæтæн дзы сæ лæппын хъуын нæма акалд, поггуырд рæуæдау, хъæддых нæма слæу- уыдысты сæ къæхтыл, фæлæ дæлдæр искæмæй райсой консультаци, уый сæ сæрмæ иæ хæссынц. Æнæмæнг сын профессор йæхæдæг хъуамæ радта консультаци. Уый сæ «нæ» никæмæн зæгъы, фæлæ æгæр къæйныхтæн сал ных бакъуыры, йæ ныхас фæлмæн цас вæййы, уыйбæрл дзы ис дæлгоммæ дæрзæг хъуыды дæр. Зондджын лæп- пу йæ уайтагъддæр бамбары.- Ахæмты Автандил бирæ уарзы. Рогзондæн æй фæнды æууил, фæнды ма, уæддæр йæ ном йæ уæлæ ис. Ахæмтимæ йæ ныхас у цыбыр. Дык- каг фембæлдæн сæ нал райсы. Фæзæгъы сын, нæ мын фæуыдзæн иунæг минут дæр фадат... Гъемæ та абон дæр каст кæйдæр зарджытæм. Са- быргай фæлдæхта нотæтæ. Кæсгæ-кæсын дзы цыдæртæ бараст кодта. Зæфцы фыдæй дзы-иу рæдыд куы федта. уæд-иу йе ’рфгуытæ фæтар сты. Йе ’фсин Кетино раджы аивгъуыдта базармæ. Там- рикъо та уыд йæ æрмадзы. Уымæн йæ зæрдæмæ цыдæр сусæг фæнд бахъуызыд Цæразонты Къостайы тыххæй. Фæлæ йе ’нкъарæнтæн -зæрдæйы билцъ суадзыны бар нæ радта. Уый бæсты сфæнд кодта йæ уарзондзинады æнкъарæнтæ кæддаджы гæбазмæ нывгæнæджы кистæй бахæссынмæ. Сарæзта йын æрмæстдæр йæ галиу рус, ныхы æмбис æмæ йæ галиу цæст. Фæлæ сæ уый бæрц арæхстджынæй скодта, æмæ сæ чи федтаид, уый æнæ- мæнг загътаид: «уæртæ цæрдудæй Къоста, æрмæст аи- вады бæрзæндæй кæсгæйæ». Йæ дыккаг цæстæй кæд хуыздæр ракæса, уæд ын мæиæ чызг. Науæд ын цы кæ- нон. Иæ иу цæстмæ кæсын дæр ын тыхæй куы фæра- зын, уæд ма йæ дыууæ цæстимæ цы кæндзынæн. Уый фæстæ та йын хъæудзæн гуыр, къæхтæ. Фæлæ мæ зæр- 29
дæйæн уый дæр фаг нæ уыдзæн. Уый мæ домдзæн, цæ- мæй~дзы уд дæр бауадзон. Æмæ ахæм хъару та нырма дунейы нывгæнджытæй никæмæ ис. Фæлтау хъæцон, Къоста, дæ иу цæстыл. Фæлæ æгæр дзæбæх зарыс, дæ зынг бахуысса. Æмæ мæм цæй æввахс дæ, цæй æввахс, фæлæ мæ цæй дард лæууыс, цæй дард...» — Тамрикъо æрæвæрдта йæ нывгæнæи кист, æрбадт кæддаджы раз æмæ æрхæндæгæй каст Къостайы иу цæстмæ. Фæцыд дзæнгæрæджы хъæр. Фыд дæр æмæ чызг дæр æркастысты сæ цонджы сахаттæм. Сæ дыууæ дæр ба- зыдтой, почтæ кæй æрбахастой. Ацафон кæд лæггад- гæнæг сылгоймаг хæдзары вæййы, уæд уый бахæссы почтæ Автандилы кусæн уатмæ æмæ уым уа* æви нæ уа, уæддæр ын сæ йе стъолыл æрæвæры. Фæлæ лæггадгæ- нæг уым нæй, уæд та уыцы куыст фæкæнынц мад æмæ чызг. Ныр абон мад дæр нæй. Фæлæ Тамрикъо нæ ра- хызт, нæ бахаста йæ фыдмæ почтæ. Фыд та æнхъæл уыд, зæгъгæ, бинонтæй ам ничи ис æмæ сыстад йæхæ- дæг. Иæ чызджы куы ауыдта æрмадзы æдзынæгæй бад- гæ, уæд æм хъуамæ бацыдаид, фæлæ фæкомкоммæ, уал азы уарзон хъæбулы хъомыл кæй фæкодта, авгау æр- хауынæй кæй стыр курдиатæн тарст æмæ йын ныр йæ бирæ фыдæбæттæн æрæджы горæты музыкæйы пахуым- парты раз лæгау-лæджы дзуапп чи радта, йæ зæрдæ йын афтæ тынг чи барухс кодта абхазаг лæппу Тотоимæ, уыцы Къостайы иунæг цæстмæ’ йæ чызджы раз кæддаг- мæ, уæд рудзынджы цурæй хъуызæгау ракодта. Фæлæ дзæгъæлы рахъуызыд Автандил. Тамрикъо уыйбæрц йæ мидхъуыдыты аныгъуылд æмæ йын ницы фæрсаг къуп- пытæ фескъуыдтаиккой йæ мидсагъæстæ. Автандил бахаста почтæ йæ кусæн уатмæ, сæвæрдтз йæ стъолыл. Æрбадт йæ цъæтджын къæлæтджыныл. Почтæмæ æркæсыны размæ ма йæ сæры азгъордтой йæ иунæг чызджы сагъæстæ æмæ мæт. Æмæ æвæндонæй райдыдта почтæ æвзарын. Йæ сæры та зилдух кодта, Къостайы иуиæг цæсты раз йæ уарзон хъæбул æрхæн- дæгæй куыд бады, уый. Æвиппайды фæкомкоммæ «Заря Востока»-йы уац — «Бæрзонд аивад æмæ ахсджиаг бæрндзинад»-мæ. Уыцы бон авторы мыггагмæ куы ’ркаст, уæд æй æхсызгонæй райдыдта кæсын. Хорз зоны Автандил уыцы музыкалон критик Виссарионы, бирæ хæттыты сæм æрцыд ахсджиаг ныхас, быцæу, фæлæ сæйраг фарстыты,сæ хъуыды, сæ 30
цæстæнгас уыд иу. Аивадмæ цыдысты дуджы бæрзонд домæнтæй. Уыцы хæс чи не ’ххæст кæны, уый та аива- дыл нæ нымадтой. Виссарионмæ иу æмæдыууæ хатты нæ бахатынц га- зетты редакцитæ, цæмæй сын рецензитæ ныффысса му- зыкæйы æндæр æмæ æндæр фарстыты фæдыл. Сæ куыр- диат сын бирæ хæттыты баххæст кодта, фæлæ-иу уы- имæ йæ уайдзæфы ныхас æнæзæгъгæ нæ фæцис — фылдæр домын хъæуы аивадæй. Ныр мæпæ «Заря Востока»-йы Виссарион кæны уы- цы ахсджиаг ныхас консерваторийы концерты тыххæй. Дзуры бæрзонд аивадыл. Дзуры, дзырдтæ уырзтæй æв- зарæгау... Нæу æппæлæн ныхæстыл рæдау, чъынды у, алхаттау, ныр дæр. Æмæ дзы уый тыххæй алхатт дæр бузныг уыд Автандил. Иу æмæ йæм дыууæ хатты нæ бадзырдта Автандил, йæ радон уац ын-иу куы бакаст искуы мыхуырæй, уæд. «Фæлæ уый цы у?» — фестъæлфыдАвтандил газетмæ кæсгæйæ æмæ та ног газеты рæнхъытыл йæ цæст ахас- та. «Консерваторийы концерты тæккæ стырдæр сгуыхт- дзинадыл, мæнмæ гæсгæ, банымайын хъæуы ирон лæппу Цæразонты Къоста, абхазаг лæппу Тото æмæ гуырдзиаг чызг Майсурадзе Нанайы зарджытæ. Уыдон хуызæн мæлгъæвзаг зарæггæнджытæ фæстаг азты нæма фе- хъуыстам. Концертмæ цы бирæ адæм æрцыд, уыдон сын сыгъдæгзæрдæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ æрвыс- той сæ мин-мин арфæйы дзырдтæ. Фæлæ мæн уыцы ар- фæтæ комкоммæ арвитын фæнды сæ разамонæг, иом- дзыд профессор Окропъиридзе Автандилæн. Уый фæл- тæрд æрмдзæф ирдæй зыны, æртæ курдиаты тынгдæр цæмæй сахадыдтаиккой, рарттывтаиккой, уый тыххæй. Уыимæ, цæстуарзонæй зæгъын æмбæлы, Окропъиридзе йæхи стыр композиторы курдиат нывондæн кæй хæссы ацал-ауал азы дæргъы нæ республикæйы культурæйы стыр фидæнæн дæсны кадртæ бацæттæ кæныны сæрап- понд. Уымæн ирд æвдисæн у профессорæн йæхи фыст ног зарæг «Тбилиси, мæхи Тбилиси». Азарыд æй трио — Къоста, Нана æмæ Тото. Арф æнкъарæнджын зарæ- джы лейтмотивæй цæуы, Гуырдзыстоны столицæмæ нæ адæм цы стыр æнувыд уарзондзинад дарынц, уый. Мæ уацы кæроп мæ зæгъын фæпды, — фыста дарддæр кри- тик, — паддзахадон консерваторийæн ныртæккæ ис 31
æппæт фадæттæ дæр, цæмæй цæттæ кæной нырæй фæстæ- мæ дæр дæсны кадртæ. Уый тыххæй та хъæуы æрмæст- дæр иунæг домæн — консерваторимæ исын хъæуы, кур- диат кæмæ ис, стыр фидæн, æрмæстдæр ахæм адæймæг- ты. Æвзаргæ тауинагæн хъæздыг зæхх куы уа, уæд дзы Къоста, Нана æмæ Тотойы хуызæн сыгъзæрин тау- т’æн æнæсырæзгæ нæй». Автандил йе студентты тыххæй зæрдиагæй бакаст, Виссарион сыи цы раст æмæ бæрзонд аргъ скодта, уый. Æцæг сты сыгъзæрин æвзартæ. Фæлæ разы нæ уыд, йæхицæй йын цы бæрзонд æппæлæн ныхæстæ фæкодта, уыдоныл. Не ’ппæт дæр зонæм, мæргътæ зарынц, дæт- тæ уылæнтæгæнгæ цæллахъхъæй згъорынц размæ, урс- базыр æхсæрдзæнтæ бæрзонд рындзæй хауынц бынмæ, фæлæ сæ не ’ппæлæм. Уымæн æмæ афтæ у се ’рдзы конд, се ’нусон фæндаг. Цы сарæзтон? Цæмæн мæ ’ппæ- лы афтæ тынг? Мæ царды стыр нысанæн цы хъуыддаг равзæрстон, уым хæсджын дæн, цæмæй йæ кæнон на- мысджынæй. Автандилы хъуыдытæ фескъуыдта дзæнгæрæджы хъæр. «Чи у, цымæ? — йæхи афарста. Рацыд æмæ дуар бакодта. Æддейæ йæхи сæрмагонд «Волгæ»-йы æрба- цыд Датунашвили Иракли: Уый карæн æвзонг адæйма- гæн куыд не ’мбæлы, ахæм сæвджынтæ арæзт. Сатæг- сау костюм æнгом бадт йæ фæтæнтæ конд буарыл. Хæ- лаф йæ къæхтыл зынд, цыма сæ телы хъæдтæ атъыста. Галстучы бæсты йыл гæлæбуйы базыртау йæ хъуыры æгънæгыл цыдæр фæфидар кодта, раст йæ къуыбыр ри- хиты æнгæс æмæ æмфидыд кодтой. Йæ сæрыл фæстаг модæйы шляпæ. Йæ цъупп ын гуырдзиаг худæнгæс æр- тъæпæн кодта. Цыма йын йæ фæтæн чъилтыл дæр хæс- гарды ком æруагъта, афтæ зынд. Йæ хъоппæг сау цæстытæ, мидбыл худгæ, æхсызгонæй базылдта Автан- дилы ’рдæм æмæ цыма авд уæрмы бын уыд, уыйау æм æмыр хъæлæсæй сдзырдта: «Кадджын профессор, ха- тыр, хатыр, дæ улæфты бон дæ хæдзармæ æрбабырстон æмæ дæ хъыг дарын. Иу къуыри ам нæ уыдтæн. Ныр абон мæнæ ацы газет куы бакастæн, уæд мæ ных æрба- тардтон дæумæ. Бар радт æмæ дын раарфæ кæнон де стыр сгуыхтдзинады тыххæй. — Йæ нард къухы ставд цЫбыр æнгуылдзтæ бадаргъ кодта профессоры нуар- джын даргъ æнгуылдзтæм. — Кæд гæнæн ис, уæд мын дæ ыог зарæг мæ къухты ныссадз». 32
— Уæлдай фыдæбон цæмæн скодтай дæхицæн, посты дын æй арвыстаин. Датунашвили куы фæхатыд, профессор йæхæдæг ми- дæмæ рацу нæ зæгъы, уæд уынгыл йæ цæст ахаста æмæ Автандилæн загъта: — Бахатыр кæн, пижамæйы дæ æгæр ныддардтон уынджы. Кæд дæ цыфæнды не ’вдæлы, æмæ мæ фида- рæй уырны, дæ хуызæн адæймæгтæ рæстæджы тыххæй сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнынц, уæддæр мын балæвар кæн дæ зынаргъ рæстæгæй иу цалдæр минуты. Цы гæнæн ма уыд Автандилæн дæр, бацыд йе "нæ- хонгæ уазæгимæ мидæмæ. Æнхъæлмæкæсæн уаты æр- бадтысты кæрæдзийы ныхмæ. Датунашвили, чи зоны, æндæр ран йæ ныхас ком- коммæ нæ райдыдтаид, дæрдтыл æрзылдаид. Фæлæ зо- ны Автандилы зæрдæйы уаг. Уый йе сæфт уыны дзæн- гæдагæнджытæй. Гъе, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд про- фессорьь хъыг райсын. Уæлдайдæр æм цы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл æрбацыд, уым æй бахъæудзæн ’профессоры æххуыс æиæмæнг. Стæй, чи зоны, профес- соры быптондæр не ’вдæлы мæ даргъ ныхæстæм хъу- ’сынмæ, уæд мын зæгъдзæн, бахатыр кæн, æндæр хатмæ аргъæвæм нæ ныхас, зæгъгæ. Æмæ хъуыддагыл та дзу- рын хъæуы гъеныр, йæ тæккæ тæвдæй, кæд нæ байрæ- джы кодтон, уæд, Фæлæ кæд æндæртæ фесты мæ разæй, уæд та ракурдзынæн профессорæй æххуыс, цæмæй ма бавгъау кæна йæ фарны ныхас æмæ мын сараза мæ къух. — Фарн дæм бадзурæд, Автандил, фæлæ дæм æз æрбацыдтæи, мæнæ газеты цы дыууæ лæппуйæ æппæ- лынц, уыдоны тыххæй. Майсурадзе Нанайы федтон æмæ дæ уый тыххæй нал тыхсыи кæнын. Æхсызгон дæр ма йын уыд мæ фæндон. Цингæнгæ сразы махмæ кусы- ныл. Фæлæ кæд мæнæ ацы газет раст фыссы æмæ æдæг- дæр ахæмтæ сты уыцы лæппутæ, уæд æз уыдоны хуы- зæттæ цырагъы рухсæй агурын. Æмæ дæ уырнæд: ахæм фадæттæ сын сараздзынæн — сæ фыны дæр æнхъæл кæй нæ уыдысты. — Æгæр тагъд нæ кæныс? — йæ мидбыл фæхудт Автандил. — Цы ма хъæуы, айчы хъузгæй чи нæма рагæшг кодта, уыцы лæппын цъиуты? Автандилæн хъыг уыдысты йе ’мдзурæджы æнæу- 3. Хацырты С. ,33-
уылд ныхæстæ. Дæрзæг дзуапп ын раттынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. — Хæларзæрдæ директор, дæ дæлбар фæлурс диди- нæг рафтыдтой æцæг курдиæтты фарСмæ дæсгай адæй- мæгтæ. Фæлæ уæддæр лæууынц аивады асины къæп- хæнтыл. Ницы равдыстой адæмæн, ницы сарæзтой аива^ дæн дæр. Фæлæ уæддæр сæ бынат никæмæн раттынмæ хъавынц. Цæмæн? Уымæн, æмæ æдзæрæг хъæуы ру- вас — æлдар. Хуыздæрты хуыздæртæ куынæ уа, уæд равзарын фæхъæуы рæстæмбистæй сæрæндæрты, • цæ- мæй сæ исчитæ фæзмой. Ахæм хъуыддаг нырма æвзонг кæй у, фарны кæсдæр, уымæ гæсгæ куы бабыхса, уæд- дæр æй мах нæ бабыхсдзыстæм. Уымæн æмæ уыцы стъалы цæмæй тынгдæр рарттывтаид, уый тыххæй ар- выстам бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ мах дæр, йæ хъо- мылгæнджытæ. Омæ иугæр нæ куыст фæрæстмæ. Нæ фыдæбон дзæ- гъæлы нæ фæцис, рарттывта нæ ирд стъалы, уæд мах фæнды, цæмæй уыцы стъалы цæхæртæ кала нырæй фæ- стæмæ ноджы тынгдæр. — Æз, профессор, æппæтыл дæр разы дæн... Дæ хъомылгонд ирон æмæ абхазаг лæппутæн сараздзынæн мæ театры тæккæ хуыздæр уавæртæ, цæмæй ноджы тынгдæр рарттива сæ курдиат. ’ —’ 0, фæлæ мæнæн мæ бон нæу æмæ сæ сомбоны кæм лæггад кæндзысты сæ адæмæн, уый сын, фæнда сæ, нæ фæнда, æз алыг кæнон. Сæхи сын афæрсын хъæуы. — Сæхи та сын цы фæрсыс. Æрмæстдæр сын бакой кæнои, æндæр сæхицæй амондджындæр никæй æнхъæл- дзысты. — Дзæгъæлы дæм афтæ кæсы. Мæн фидарæй уырны, сæ иу дæр дæумæ кусыныл кæй не сразы уыдзæн, уый. Датунашвили йæ хъоппæг цæстытæ фæирд кодта Автандилмæ, хъуыста йын йæ ныхæстæ, фæлæ йæ хъус- тыл не ’ууæндыд. — Кæй зæгъын æй хъæуы, дæумæ мæ ныхæстæ фæ- кæсдзысты хардзау, æфтаудзысты дæ дисы. Фæлæ уш* диссагæй ницы ис. Раст зæгъыс, цæмæй асины къæп- хæнтыл тагъддæр æмæ æнцондæрæй сфардæг уай аива- ды бæрзæндтæм, уымæн, чи зоны, театры, стæй æмткæй райсгæйæ, ам фылдæр фадæттæ ис, фæлæ уыдон æнцон фæндаг нæ равзардзысты. Уыдон аивады бæрзæндтæм, æцæг аивады, цæуГæ нæ, фæлæ сæ фæрстыл дæр быр- 34
дзысты тæккæ гуыргъахъ фæндагыл, уæддæр æм схиз- дзысты. Æмæ дæ, хæларзæрдæ директор, уырнæд, уыцы фæндаг уыдонæй алкæмæн дæр кæй райдайдзæн йæ рат- тæг адæмУ æхсæнæй, уал азы сæм афтæ æхсызгонæй чи æпхъæлмæ кæсы. Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй Майсурадзе Нана йæ райгуырæн горæты куыд ныллæу- уыд, афтæ сæ иу ацæудзæн Абхазмæ, иннæ — Ирыс- тонмæ. — Æмæ оперон театры зардзысты! — Фелхыскъ æй кодта йæ ныхасæй Датунашвили. — Гæнæн ис. Абхаз дæр æмæ Ирыстон дæр сты тæк- кæ дидин æфтауыныл. Сæ дыууæты адæмтæ дæр лæгдзи- надæй сты æххæст, кондджын, уындджын, ахуыргонд æмæ зопдджын. Æмæ ахæм адæмтæ та нæ рæсугъд фи- дæнмæ афтид армæй бацæуын сæ сæрмæ нæ бахæсдзы- сты. — Профессор, — æнæразыйæ сдзырдта Датуиашви- ли, — æз нæ байхъуыстон дæ лæппутæм. Фæлæ æууæн- дын номдзыд критик Виссарионы фыстыл. Уый дзæ- гъæлы никуы никæмæй раппæлдзæн. Æрмæст мæ дйсы æфтауы, комкоммæ дæумæ чи хауы, иу ахæм хъуыды. Ды уал азы, дæсны зæрингуырдау, афтæ æнувыдæй, къахдзæфæй-къахдзæфмæ стыр аивады сусæгдзинæд* тыл кæй ахуыр кодтай æмæ фондз азы фæстæ цыкура- йы фæрдыгау, чи рарттывта, дæ уыцы хъомылгæнинæг- тæ, Тбилисы хуыздæр театры бæсты, фæстæмæ хæхтæ куы равзæрстой, уæд фæдисы дзæнгæрджытæ куыд нæ цæгъдыс?! Ахæм курдиæттæ мах ам æхсызгонæй хъæуынц, æх- сызгонæй! — Фæлæ ноджы æхсызгондæрæй та хъæуынц Абхаз æмæ Иры. Советон адæмтæ сæ рæсугъд фидæн аразынц иумæ, хæларæй, æмзондæй, кæрæдзийæн æххуысгæнгæ- йæ. Уый хъуамæ чысыл æмæ стыр адæмтæ саразои ’иу- мæ, раст мæнæ фурд чысыл дæттæй куыд равзæры... Гъемæ, кæд дæу дæ театры мæт ис, цæмæй йын иæ кад ноджы бæрзонддæр сисай, уый æвзæр бæллиц нæу æмæ/ алы намысджын гуырдзиаг дæр афтæ хъуамæ хъуыды кæпа. Фæлæ ма уыимæ мæн фæнды, цæмæй цы адæм- тимæ цæрæм, иу арвы "бын уæлдæф кæимæ улæфæм, дон кæимæ нуазæм, уыцы адæмтимæ нын иу хæдон уа уæрæх, сæ мæт, сæ бæллиц уой нæ мæт, нæ бæллиц. Æмæ уæхски-уæхск, хæст’ы быдыры куыд уыдис, афтæ 35
сабыр царды рæстæджы дæр фидар къахдзæфтæй цæ- уæм иумæ нæ рухс фидæнмæ. Датунашвилийы хъоппæг цæстыты раз Окропъири- дзе Автандил слæууыд айнæг хохау, "йæхæдæг та йæхи- мæ ахæм гиганты цур дыччыйы ас дæр нал зынд. * * * Ацы диссаджы бæрæгбоныл стыр цинимæ æмбæлы Æхсæрджыны хъæуккаг Цæразонты Сæрмæт. Уый хъæу- бæсты кадджындæр лæг у. Фарны хисдæр æй хоныни. Уый фæрсынц зондæй хисдæртæ дæр æмæ кæсдæртæ дæр. Гъе, æмæ уыцы Сæрмæт, йе ’ддæгуæлæ хæдзары фарсмæ цы ставд-зæнг фыдæлтыккон пæлæхсар тулдз бæлас ис, уый бын цъæх нæуумæ рахæссын кодта дæр- гъæй-дæргъмæ фынг, æрæмбæрзтой йæ зынаргъ стъол- æмбæрзæнæй. Фынджы хисдæр Сæрмæт йæхæдæг бады æмæ, сæрыстырæй, цæргæсау, фæлгæсы йæ уарзон хъæу- бæсты адæмыл. Кæд ацы тæвды уадиссаг æхсызгон нæ хъæуы сæ сæр, уæддæр йæ морæ цухъхъайы мидæгæй скодта куы- рæт, йæ рог къахыдарæс раивта тæмæнтæкалæг ног цырыхъытæй. Йæ чызг Ацырухс ын сæ Ленинградæй æрæрвыста. Иæ астæу аргъæвæгджын ронæй æнгом æр- балвæста, Йæ нарæг астæу дыууæ фарсы рдыгæй дæр уæхсджытæм зулаив, куыд уæлæмæ фæтæндæргæнгæ ссыд æмæ йыл рæсугъд бадт ирон дарæс. Райсомæй йæхимæ æгæр-æгæр куы зылд, уæд æм йе ’фсин Къусриан — ныллæг, къæсхуыртæ сылгоймаг, йæ кæддæры уардигъуыз рустыл азтæ сæ фæд ныууагъ- той, фæлурс кæнын райдыдтой, ныр фынддæс æмæ ссæдз азы дæргъы Сæрмæты æмдзугæнæг, иузæрдион хæ- лар, — мидбылхудгæ бакаст æмæ йæм хъазгæмхасæн сдзырдта: — Мæнæ лæг, мæ хæдзар мын ма ’рбайхал æмбойны. — Тæрсгæ ма кæн, Цамелы чызг, мæ лæппуйы бонты дæр уыцы рогзонд туттсæртæй ме сæфт уыдтон. Фæлæ ахæм æвæджиауы бон лæг йæхи æгуыдзæгæй цæмæн х^ьл/амæ равдиса. Стæй ма ды дæр кæдмæ ауæрдыс дæ райстбавæрд дарæсыл. Абон ахæм бон у æмæ нæ алчи дæр хъуамæ йæхи равдиса уæлдай аивдæрæй. 36
Сæрмæт райста йæ къæдз лæдзæг, кæд æй йæ сæр уадиссаг æхсызгонæй ’нæ хъуыд, уæддæр, афтæ, фæччы- гъæдæн. Иæ куырæты дзыппæй систа фæныкгъуыз къух- мæрзæн æмæ дзы йæ лæгуын-сæр адаудта. Рахызт са- быр къахдзæфтæгæнгæ æддæмæ. • , ; Буц æмæ зæрдæрухс у йæ цардæй Сæрмæт. Иæ дыу- уæ хъæбулы — йæ фырт Къоста (чысылæй йæ фырбу- цæн Готта хуыдта) ацы аз каст фæцис Тбилисы паддза- хадон консерватори, йæ чызг Ацырухс ахуыр кæны Ле- нинграды медицинон институты фæндзæм курсы. Сæ дыууæ дæр фæзындысты ацы æвæджиауы бæрæгбонмæ. Къоста йемæ æрбахуыдта йæ профессор Окропъири- дзе Автандил æмæ йæ иузæрдион хæлар, абхазаг лæппу _Тотойы. Лæппутæ дыууæ дæр иттæг хорз радтой паддза- хадон экзамеитæ æмæ ныр зæрдæхæларæй фæзындысты Хетæгкаты Къостайы бæрæгбонмæ. Сæрмæт йæ цуры сбадын кодта кадджын уазæг Ав- тандилы. Фыццаг хатт сæм ис нырма æмæ ахæм цыты- уазæгæн уæлдай лæггад хъæуы. Тотойы дæр бадын код- та йæхимæ ’ввахс, фæлæ уый нæ бакуымдта. Иуæй хис- дæртæй æфсæрмы кодта, иннæмæй та йæ уарзон про- фессоры цур куыд хъуамæ æрбадтаид, хатыр ракуырд- та хисдæртæй æмæ фæсивæды цурмæ йæхи айста. Къо- ста йæхæдæг уырдыглæууæг уыд. Ацырухсмæ æрбадзырдтой сыхæгты лæппутæ æмæ чызджытæ æмæ йæ хъазæн фæзмæ акодтой. Ныр цал хатты уыд Тото Ирыстоны, фæлæ Къостайы иунæг хо. Къоста афтæ сæрыстыр кæмæй уыд, афтæ æхсызгонæй йын кæмæй феппæлы, уый иунæг хатт дæр сæхимæ не ’рбаййафы. Дысон та чызг йе скъолайон æмбæлттимæ æгæр афæстиат, уæдмæ цыты уазджытæн, уыдонимæ та Тотойæн дæр бæркад фынджы уырдыглæууæг уæлдæйт- тæ адæрдтытæ кодта. Ацырухс куы фæзынд, уæд Къоста Тотойы хъусы бадзырдта, цом, мæ хоимæ дæ базонгæ кæпон, зæгъгæ. Тото йæ сæр нæ разыйы тылд бакодта: — Ацыхуызæнæй уанцон нæу, худинаг мæ кæныс... Райсомæй раджы фæгæпп кодта Тото. Хæхбæсты сæууон уæлдæф ын æхсызгонæй хъыдзы кодта йæ буар. Сау денджызы хъæбул æнæфæхатгæ иæ фæцис, сæхимæ умæл уæлдæфæй хъауджыдæр, хæхбæсты уæлдæф кæй у алæмæттаг рог, сыгъдæг. Афтæ йæм каст, цыма къа- хæй къухмæ йе ’ппæт буар дæр æхсызгонæй улæфы сыгъдæг уæлдæф. Дысоны нозты фæстæ æнхъæл уыд, 37
райсом йæ сæр тæгæлтæ хаудзæн. Фæлæ марадз зæгъ. Бумбулийæ рогдæр йæхи хаты. Иæхи байста, Сæрмæты хæдзары фæрсты цы суадон згъордта, уымæ. Кæсаджы цæстæй ирддæр рæсуг суадон йæхимидæг цæппузыртæй абузта. Иæ чысыл уылæнтæ гæзæмæ цæллахъгæнгæ, тындзыдтой, лывзæ кæрдæг æмæ дурты ’хсæнты бынмæ, коммæ, Леуахийы тыхджын æмæ æхсидгæ уылæнтæм. Уæдмæ йæ цурмæ рацыдысты Автандил æмæ Къоста дæр. Къостайы къухы — хисæрфæн æмæ сапон. Автан- дил суадоны донæй йæхиуыл зæрдиаг кæлдтытæ скодта. Иæ къухтæ-иу кæрæдзийыл куы ’руагъта, уæд-иу сæ цармы хъыррыст фæцыд. — Ныммæлæн дын ма уа, хæхбæстæ! Ахæм æвæ- джиауы суадоны цур цæрынæй чи хъуамæ бафсæда. бай- хъусут ма йын йæ сусæг зарджытæм — сæ уаз мыртæ сын паддзахадон симфонион оркестр не сфæлхат кæн- дзæни, цæргæ-цæрæнбонты йæ уæлхъус куы æрцæрой, уæддæр, — а^хсызгонæй дзырдта Автандил. Уæлæрдыгæй уддзæф æрыскъæфта фыййауы зарæг. Тыхджын æмæ æхцон зарæг нæрыдис кæмтты, рæ- сугъд кодта хæхбæсты сæрыстырдзинад. Автандил йæ мидбыл æхсызгопæй бахудт. Иæ зæрдыл æрлæууыд Да- тунашвилиимæ сæ быцæу. «Уый уал дын, æнæбыцæуæй сомбоны оперæйæн чи бæззы, ахæм адæймаг», — ахъуы- ды кодта фыййауы тыххæй Автандил. — Æвæджиауы диссаджы ран цæрыс, — загъта Ав- тандил Сæрмæтæн, сæ цурмæ куы ’рбацыд, уæд. — Нæ дзы хъаст кæнын, мæ буц уазджытæ. Хуыз- дæр ранæн скæиæн нæй. Бæркадджын — йæ зæхх. Чы- сыл æй барæвдау æмæ дын сæдæвæрæй йæ хæрзиулжы- тæ ратдзæн. Уæд йæ дон, уæд йæ хъæд. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ риссы. Кæддæр ме стыр фыдæл бæрзонд хæхты дæлвæччитæй ардæм куы ’рхызт, уæд æй йæхи- цæн стыр амондыл нымадта. Иемæ æрлыгъдысты æгас хъæубæстæ. Ныр сын, мæ хæдзар, ам дæр фаг нал у, би- рæтæ сæ алыгъдысты быдираг хъæутæ æмæ горæттæм Хъæу æмбисыл банцад. Æмæ уыдонæй дæр чидæртæ сæ хъус æддæмæ дарынц. Фæлæ сæ цæрæнбон бирæ Нагъо- йы сидзæр лæппу Дзантемыр æмæ нæхи Цæразонты Хъауырбегæн. Уæлдæр скъолатæ фесты каст æмæ æрцы- дысты сæ райгуырæн къуыммæ. Сæ иуы колхозы сæр- дарæй сæвзæрстам, иннæйы парторгæй. Се ’рцыдæй адæ- мыл ракаст хур. Базмæлын кодтой хъæубæсты. Æддæ- 38
рдæм йæ хъус чи дардта, уыдон дæр сæ сæрæй аппæрстой уыцы хъуыды. Нæ хицауад, дам, æдзæрæг хус бы- дырты цард гуырын кæны — ног горæттæ æмæ дзы хъæутæ аразы. Дард Сыбыр, дам, сдзырдта советон цардаразæг адæймаджы æвзагæй. Мах та, дам, нæ дзæ- нæтон бæстæ æдзæрæг кæнæм. Адæм сыл баууæндыды- сты æмæ цæттæ сты сæ фæдыл сæрсæфæнæй агæпп кæ- нынмæ дæр. — Хуыздæр фæуæд, хуыздæр, раст фæндагыл лæуд чи у. Ахæм курортон бæстæ ныууадзын фыдракæндæй уæлдай ’нæу! — уæдæй нырмæ Сæрмæтмæ æхсызгонæй фехъусыны фæстæ загъта Автандил. Къусриан йæ фынджы кой куы бакодта, уæд райста йæ райстбавæрд дарæс — нæ йæ фæндыд йæ лæджы зæрдæхудт райсын — сарæзта йæхи, сау кæсæмир кæл- мæрзæн йæ сæрыл æрбакодта æмæ фæцæуæг сйхæгты устытимæ куывды фæзмæ. Устытæй алкæй дæларм дæр уыд хъæдын тæбæгъы уæливыхтæ, карчы мард, гра- фины дзаг бæгæны æмæ авджы дзаг арахъ. Къусриан дæр йæ хуын уæгъдæмбæрзт æркодта урс-урсид кæтта- гæй. йæ уæливыхтæй иуы кæрон зынд кæттаг хисæрфæ- ны бынæй æмæ хуры тынтæм æрттывтытæ калдта. Бæ- рæг уыд, Къусриан сæ цæстуарзонæй царвæй кæй айсæ- рста. Бур-бурид фых скодта йæ карк дæр. Хъæубæсты иннæ устытæй хъауджыдæр балы донæй ацахуырста арахъы авг дæр. Куывды фæзмæ куы араст, уæд йæ фырт Къостамæ фæдзырдта æмæ йын загъта, мæ хуын къæбицгæсыл афоныл сæмбæлын кæнон æмæ фæстæмæ тагъд фæзын- дзынæн. Уæ фынг цæттæ у. Æрбадын йеттæмæ уæ ницы- уал хъæуы. Къоста сæрыстырæй каст йæ уарзон ныййарæг мад- мæ æмæ цымыдис хъуыдыты ахæсты бахаудта: «Цас хъару йæм ис. Æмбисонд нæ царддæттæг хур у æмæ уый дæр дунейыл не ’ххæссы». Къостайы нæ уырны æмæ сæ хъæубæстæй исчи йæ мады фердæхт, рæвдыд ныха- сæй цух у. Мæнæ гъеныр йæхи куыд ацæттæ кодта, аф- тæ-иу кæддæриддæр хаста искæдæм хуын, чысыл Къо- стайæн-иу гуыл æнæскæнгæ нæ фæцис. Къоста-иу иу къухæй гуылыл хæцыд, иннæмæй та — мады фæччийыл. Нæ-иу æй уагъта балцы æнæ йæхи. Фæлæ алы хатт Къостайы йемæ кодтаид, уый фадат ын нæ уыд, уæл- дайдæр, зианмæ, гъе, дард хъæумæ куы цыдысты, уæд. 39
Цæй тынг бафæндыд Къостайы, чысыл ма куы фе- стид, йæ мады фæччийыл куы ’рхæцид æмæ йемæ куыв- ды фæзмæ куы ацæуид. Фæлæ уый гæнæн^ нæй. Ныр стыр у, усгур. Мад æнхъæлмæ кæсы, йæ фырт, гъе, йын йæ чызг кæд барухс кæндзысты йæ зæрдæ, алчи дæр сæ кæд ссардзæн йæ амонд. Мад ацыд куывды фæзмæ. Фырт фынгыл йæ цæст аха- ста. Зæрдæ рухс кодта йæ аив уындæй. Сæрмæт райсом хонæг кæмæ арвыста хъæубæстæй, ’уыдон фæзындысты иугай-иугай. Æрбацыдысты Дзантемыр æмæ Хъауыр- бег дæр. Уазджыты къухтæ æхсызгонæй истой, зæрдиа- гæй арфæ кодтой Къостайæн, æгайтма нæм цины бæ- рæгбон ахæм зынаргъ уазджыты æрбахуыдтай, зæгъгæ. Сæрмæт æрбадт фынджы сæргъ. Æрбадтысты ин- нæтæ дæр куыдхисдæрæй. Сæрмæты фарсмæ йе зноны бынат бацахста Автандил, йæ бакомкоммæ — Хъауыр- бег. Автандилы зæрдæ ницыуадиссаг агуырдта хæринаг. Иу цай бацымдтаид æхсызгонæй, фæлæ йæм ахæм уа- вæрты йæ ракурын аив нæ каст. Фæндыд æй, мæнæ йын, йæ бакомкоммæ цы зæрдæхæлар лæппу-лæг бады, «Хъа- уырбег, Хъауырбег» æхсызгонæй кæмæ дзурынц фын- джы адæм, уый йын цы диссаджы бæрæгбоны кой код- та, уый тагъддæр куы райдаид. Автандилæн куыд радзырдтой, афтæмæй Хъауырбег каст фæцис дыууæазон партскъола, кусы колхозы парт- оргæй. Дзантемыр та каст фæцис хъæууонхæдзарадон институт. Дыууæ хæлары баныхас кодтой æмæ æрцы- дысты сæ райгуырæн хъæумæ кусынмæ. Автандил æхсызгонæй бакаст Хъауырбегмæ æмæ йæхинымæры ахъуыды кодта: «Нæ йæ фæнды æгъуыз цард кæнын. Ахæм адæмтæ цæттæ сты риуыгуыдырæй цыфæнды фидæрттæ басæттынмæ». Дзагдар Къоста æрыдзаг кодта дзæбидыр æлутоны хуызæн сыр-сыргæнаг сау бæгæныйæ, æмæ йæ аныр йæ фыдмæ бадара, афтæ æддæрдыгæй æрбайхъуыст сыл- гоймаджы зæрдæхалæн цъæхахст. — Цы фестут, хъæубæстæ, мæ бындур ныззылд. Сæрмæты кæсдæртæ фæгæпп кодтой фынгæй, хъæр кæцæй æрбайхъуыст, уыцы ’рдæм фæкастысты æмæ ауыдтой æбуалгъ ныв: Айтеджы тæрсаг бæх арф комы сæрмæ нарæг къахвæндагыл маргъау æрбатæхы. Бæхыл баныхæсæгау кодта Сæрмæты чызг Ацырухс. Иу рæдыд къахдзæф! Æмæ чызг дæр æмæ бæх дæр атæхдзысты 40
сæрсæфæнæй, сæ дыууæ дæр доны къусы сæфт фæкæн- дзысты æнæбын комы. Цæлы фынджы фарсмæ бадæг адæм уысмы эæрн андзыгау сты, цы акодтаиккой, уыи иæ зыдтой. Фæдисы сахат топпы нæмыгау, агæппæввонг кæддæриддæр чи вæййы, уыцы цæхæрцæст Къоста йæ хойы æрра бæхыл æрбацæйтæхгæ куы ауыдта, йæ алдымбыд дыууæ дзык- куйы йæ урс кофтæйыл куы нал уæз кодтой, фæлæ уæл- дæфы сæхи куы систой, æмæ, дыууæ калмау, йæ фæстæ куы тахтысты, уæд дурын авæрдта фынгыл, дзæбидыр дыууæ къухæй Дзантемыры къухы фæсагъта æмæ, аныр азгъора йæ хомæ фæдисы, афтæ йæ цæстытыл ауад дыккаг ныв — æвирхъау хабар — бæх æмæ чызг бырн- мæ цы уысм æрбахæццæ сты, уыцы уысм бæхыл чидæр йæхи уæлбырцæй, стайау, рахста. ацахста рохтæ, бæхы фæрсты бæхимæ размæ атахт... Уысмы бæрц ма... æмæ фæаууон сты. Куывдон адæмæй цыма бирæты зæрдæтыл ихдон ба* калдæуыд, уыйау ауазал сты. Бырцæй лæнкмæ æрхизæн уыд тæккæ тæссагдæр бынат. Фæлæ цæхæрцæст абхазаг лæппу Тото бырцы сæрæй куы ’ркаст арф комы иувæрс- ты, калмау здыхтытæгæнгæ, цы нарæг къахвæндаг цыд, уымæ, уæд барæй равзæрста лæнкмæ ныххизæн. Æр- мæстдæр лæнчы уыд бæхæн рахизырдæм фæзилæн. Ин- нæ рæттæй йæ кæм-фæндьГдæр фæзылдтаис, тæссаг уыд сæрсæфæнæй асхъиуынæй. Чызгæн, æвæццæгæн, фыд-зонд хайуан рохтæй куы- нæ коммæ каст, уæд æй уæгъдæй ауагъта, фæлæ йын йæ даргъ барцыл афтæ фидар хæцыд, цыма йыл ны- хæсгæ бакодта. Тото бæхы рохтæ куы ацахста, уæд ын сæ лæнкм<е æргæппгæнæны афтæ æрбалхъывта æмæ бæхæн йæ дæл- лаг æфсæр гомæй аззад. Дыккаг уысм, æмæ бæх æвæн- донæй рахизы ’рдæм фæзылд. Тото æхсызгонæй сулæ- фыд, бæхы рохтæ не суагъта, æмæ бæхы бæрзæйыл га- лиу къухæй æрцауындзæг, рахизæй та йын йæ цæстытæ æрæхгæнæгау кодта. Дзырдта йæм лæгъз æвзагæй. Бæх æрсабыр, æрлæууыд... — Дæ хорзæхæй, рахиз, хорз чызг! — мидбылхудгæ сдзырдта Тото чызгмæ. Чызг бæхы барцыл фидар хæцы, цыма йæ тар фы- нæйæ райхъал, афтæ йæм каст. Нæ йæ уырньщта, æцæг 41
ма удæгас у, æви мард’ æмæ ныр мæрдты бæстæйы ны- хас кæны йемæ ацы æнæзонгæ лæппу. Тото фембæрста чызджы æндзыг уавæр. Уæздан æм сæвнæлдта уæлбæхмæ æмæ йæ æриста зæхмæ. — Кæм стæм? — афарста чызг. — Уæ хæдзары фарсмæ, лæнчы. Ацырухс йæ цæстæнгас ахаста, йæ сабион бонтæ кæм арвыста, уыцы æрдзыл æмæ йæ бауырныдтой æнæ- зонгæ лæппуйы ныхæстæ. — Чи дæ, мæ ирвæзынгæнæг? Цы бæсты фарнæн кувон, дæу мæ разы чи февзæрын кодта!? —йæхи дзæ- бæх æрæмбæрста Ацырухс, йæ хуыздзыд фæлурс цæс- гомыл фæзынд туджы ’ртæхтæ. Райсомы хуры фыццаг тынтæй ихайнæг хæхты цъуппытæ куыд сæрттывтой, афтæ Ацырухсы рæсугъд цæсгомыл сабыргай хъазын райдыдтой рæсугъддзинады ахорæнтæ. — Хæхты фарнæн æз хъуамæ кувон, хæхты фидыцы мын чи фенын кодта. Ацырухс фефсæрм. Иæ сæр ныллæг æруагъта æмæ æнæзонгæ лæппуйæн рæвдаугæ хъæлæсæй загъта: — Цæрæнбонтæм дæ хæсджын уыдзынæн, Мæ ном — Ацырухс, Цæразонтæй — мæ мыггаг. — Тото — абхазаг лæппу. Уазæгуаты дæн мæ хæ- лармæ! — уæздан мидбылхудт ын йæ рæсугъд нарæг даргъ рихитæ фæкъæлæстæ *кодта æмæ ноджы аивдæ- рæй рафидыдтой. Ацырухсæн йæ зæрдæ цыдæр фелхыскъ кодта. Фе- мбæрста, йе ’фсымæр Кьоста йæм Ленинградмæ цы аб- хазаг лæппуйы тыххæй фьтста, æвæццæгæн, уый у, зæгъ- гæ. Иу хатт ма йæм хъуызгæ каст бакодта æмæ йæ зæр- дæ йæхимидæг барызти. Цал æмæ йыл цал лæппу дзырд- та, цал æмæ дзы цалæн загъта ам дæр æмæ Ленинграды дæр «нæ». Исты, мыййаг, фæччыгъæды тыххæй афтæ нæ кодта, гъе, фыдуынд, æнæзæрдæмæдзæугæ уыдысты? Нæ, уыд дзы, фыццагфендæй зæрдæм’æ чи фæцыдаид, ахæмтæ дæр, стæй хорз бынаты чи куыста, æппæтæй дæр зæрдæ- зæгъгæ цард чи кодта, ахæмтæ дæр. Ацырухсы бынаты æндæр раджы равзæрстаид йæхицæн цардæмбал. Фæлæ нæ тагъд кодта Ацырухс йæ амонд ссарыныл. Иуæй йæ йæ ахуыр æрдæгвæндагыл фескъуынын нæ фæндыд, ан- нæмæй та, йæ зæрдæ йын чи баризын кодтаид, ахæм лæппуйыл нæма сæмбæлд. Æмæ ныр кæцæй фа^зынд йæ размæ мæнæ ацы абхазаг лæппу? «Хæрзæбонæн? 42
Æви уды хъизæмæрттæн?» — фарста йæхи Ацырухс æмæ, кæсаджы сурмæ куы раппарай, уыйау йæ зæрдæ риуы къултæ ныххоста, æддæмæ рагæппæввонгæй. «Æнæхаиры зæрдæ, фæлæу-ма иу чысыл, уæд та йын ис цардæмбал, сывæллæттæ! Нæ, нæ, уый гæнæн нæй. Уæд æй хатид мæ зонд, æнкъарид æй мæ зæрдæ!» Быцæуы тохыл схæцыдысты Ацырухсæн йæ зæрдæ æмæ йæ зонд. Фæдисæтты разæй згъордта Къоста. Уый бырцæй лæнкмæ ныккæсынæй тарсти. Æнхъæл уь*д стыр фыд- быльш æрцæуынæй. Фæлæ йын цы-æнæныккæсгæ уыд. Æмæ... О, бæсты фарн!.. Сæ дыууæ дæр сæрæгас!.. Кæ- рæдзимæ лæууынц æввахс. Къоста йæ фæстæ чи згъорд- та, уыдоны ’рдæм фæкаст, ахъæр сæм кодта, тæрсгæ ма кæнут, сæрæгас сты, зæгъгæ. Иæ хо æмæ йæ хæлармæ та рындзæй фырцинæй æрзарыд... «Уæлахиз уæд бæсты фарн, амонд æмæ цард!»... «Уæлахиз уæд дæ райгуырæн хæхбæстæ!» — ныц- цæлхъ кодта дæлæрдыгæй Тото дæр. Дыууæ хæлары за- рæг айстой хæхтæ. Тото æмæ Ацырухсы цур февзæрд Къо- ста, ныттыхст йæ хæларыл, йæ дæларм æрбакодта йæ хойы дæр. Сæ уæллаг фарс астымы уæрагмæ кæрдæджы хызт Айтеджы æрра бæх. Хаттæй-хатт-иу ныххуыррытт кодта, йæ фындзы хуынчъытæй-иу цы уæлдæф ракалд, уый^иу кæрдæг æрфæлдахæгау кодта, фæлæ та-иу рæзгæ хал сабыргай йæхиуыл схæцыд. Ацырухс, Къоста æмæ Тотойыл æрбамбырд сты адæм. Зæрдиагæй истой Тотойы къух. Иæ лæгдзинады тыххæй йын арфæ кодтой. Æппæлыдысты дзы Къоста- йæн, сæрæн хæлар дын ис, зæгъгæ. Ацырухсæн та-иу фæкодтой, абон «зæдтæ» æмæ «дауджытæн» чи куывта æмæ кæмæн баххуыс кодтой, — уый ды. Тотойы къух æхсызгонæй райста Автандил дæр. «Æз æнхъæл уыдтæн, дæуæн ис æрмæстдæр булæмæргъы уаз хъæлæс. Фæлæ дын кæд ис цæргæсы фидар базыр- тæ æмæ домбайы зæрдæ дæр!» — Тотойæн æхсызгои уы- дысты йæ уарзон профессоры стауæн ныхæстæ. Ацырухс ныфсæрмы адæмы раз, ахæм уавæры кæй бахауд, уымæй. «Ай мын иууылдæр хъæубæсты фæси- вæды аххос уыд/Уыдон мæм не ’рбадзырдтой райсомæй раджы, уæд, чизоны, ахæм фыдбылызы нæ бахаудта- ин», — Ацырухс æмбæрста, райсом раджы, уымæй дæр æнæхуынæй, аив нæу уый карæн чызгæн хъазæн фæз- мæ ацæуын, фæлæ йæ нæ фæндыд сыхæгты лæппутæ 43
æмæ чызджыты хъыг райсын. Цæмæи дзы хъуамæ исчи зæгъа, нæ сомбоны дохтыр институт нæма фæцис, афтæ- мæйнемæ ацæуын йæ сæрмæ нал хæссы, зæгъгæ. Ан- нæмæй та, ирон фæндыр куы федта чызджытæм, уæд ыл цыдæр базыртæ асагъта æмæ семæ фæцæуæг. Хæ- дзары йын кæд дзыхъхъын ног къаба уыд, уæддæр æй нал скодта, фæлæ ацыд йæ урс кофтæ æмæ фæндыры тæнтау ссывдтытæ сау юбкæйы. Йæ къæхтыл — хызбыд сау цъындатæ. Р1æ мидбыл-иу куы фæхудт, уæд-иу цы- ма кæмттæ фæрухсдæр сты, афтæ каст усгур лæппутæм. Бирæтæ дзы фырхæлæгæй сæ былтæ æхсыдтой. Иæ къæлæс æрфгуыты бын сау цæстыты сыгъд цыдæр кæ- лæнгæнæг цырæгътæ, йæ мыдгъуыз сæрыхъуынтыл хъа: зыдысты сæууон хуры тынтæ. Ирон къуыбылойы тыхтау ’цæстытæ-цæстытæ тыхт уыдысты йæ сæры тенкайыл йæ даргъ дзыккуты иу хай, иннæ хай та дыууæ быдæй фæ- сонтыл æрзæбул сты. Сыхаг чызджытæй йæм бирæтæ хæлæггæнæджы цæстæй бакастысты. Цымыдис кодтой, йæ дзыккутæ афтæ куыд стыхта, уымæ дæр. — Айс-ма, ирон фæндыр, æви йæ дæ сæрмæ нал хæссыс, — хъазгæ ’мхасæн æй аивæй фелхыскъ кодта Сæлимæт. Уый Къостамæ цы хæрамдзинад дардта, уый х.ессын райдыдта Ацырухсмæ дæр. Зæгъгæ, абон Ацы- рухс ам нæ фæцис, уæд усгур лæппутæ Сæлимæтæй раз- дæр сæ цæст никæуыл æрхастаикко’й. Цин дын фенон, æзхуыздæронæй та йæм хатыдаиккой, мемæ ракаф зæгъ- гæ. Фæлæ ныр Ацырухсы цур йæхи æндæрджы хуызæн хаты. Æнйу йæ цыргъ фындз лак туфлитæ тынг æртти.- вынц. Иæ адгуыр къабайæ уæзгæ дæр канд сыхæгты чызджытыл нæ, фæлæ куывды æппæт сылгоймæгтæй дæр никæуыл уыдзæн. Фарон Мæскуыйы Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон Равдысты хайадисæг уыд — обла- сты раззагдæр хъугдуцæг" у, Республикæйы Сæйраг Со- веты депутат. Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ К/ьоста- имæ куы ацыд Тбилисмæ, уæд йæхицæй амондджындæр зæххыл адæймаг æнхъæл нал уыд. Фæлæ фыдæнхъæл фæцис йе стыр амондæй. Ныр фондз азы бады йæ фыды хæдзары Сæлимæт, æмæ цы сараза йæ амопдсыгъд уды къоппайæн, уымæн ницы зоны. Кæдмæ хъуамæ бада хæ- дзары дæр. Иæ мады загъдау, куырм, къуылых нæу. Фæ^лæ уый уæддæр бады. Цал æмæ йыл цал усгуры сдзырдтой, фæлæ сæ ком никæмæн радта. Азтæ цæуынц. Фидæн ын йæ зæрдæйы цыдæр тас уа- 44
дзы.Тæрсы, тагъд ыл абадгæ чызджы ном ичъиау куы нынныхæса... Уæд дæ хъал сæр æркъул кæн искæй хæ- лиудзыхы раз. Хъæубæсты чызджытæ хатыдысты, Сæлимæт азæй- азмæ кæй къæйныхдæр кæны, уый. Фæлæ йын барстой йæ æнæбон сæрыстырдзинад. Барстой йын æй усгур лæгшутæ дæр. Уыдон хорз зыдтой, абон афтæ лыстæг сасирæй цы Сæлимæт луары, уый райсом сыхырнамæ кæй рахиздзæн, йæ хъал сæр кæй æркъул кæндзæн, йæ къухы фыдтæ хæргæ, лæджыхъæдæй цауддæр чи у, ахæм усгуры размæ. Гъемæ йын иутæ йæ фидæны тых- хæй тæригъæд кодтой, фæдзæхстой йæ, аннæтæ та-иу æй,хæхинымæры дæр æлгъыстой, уæдæ усгурты æгуы- дзæгдæры амæттаг фæу, зæгъгæ. Сæлимæт дæсны фæндырдзæгъдæг кæй у, уый ком- бæстæ хорз зыдта. Гъемæ æнхъæл уыд, — Ацырухс фоидз азы дæргъы ирон фæндыр йæ къухмæ нал райста, æмæ йыл уыцы хъуыддаджы уæддæр фæуæлахиз уыдзы- нæн, зæгъгæ. — Уарзтон мæ сабийы бонтæй фæстæмæ ирон фæн- дыр. Уарзын æй ныр дæр. Стæй мæм афтæ кæсы, ирон фæндыр чи нæ уарзы, уый æххæст ирон нæу.—Ацы- рухсы ныхæстæ тынг фæцыдысты фæсивæды зæрдæмæ, фелхыскъ кодтой хиуарзон Сæлимæты зæрдæйы дæр. Хардзау æм æркаст, кæй бахатыд Ацырухсмæ фæндыр айсыны тыххæй. Р1е скъолайон æмбал, кæд фæсивæдæн сæхи карæн у, уæддæр сæ бирæ уæлдæр лæууы, уый бæ- рæг уыд йæ алы скыхас æмæ, йæхи куыд хиуылхæцгæ дары, уымæй дæр. — Дæ хорзæхæй, Ацырухс, исты ма нын дзы ацæгъд! — цыма уыцы дзырдтæ сæ былалгъыл дардтой æмæ сæ Сæлимæтæй зæгъын нæ уæндыдысты, уыйау æм бахатыдысты чызджытæ æмæ лæппутæ. Ацырухсмæ уæлдай хатын нæ бахъуыд. Райста Сæ- лимæты къухæй фæндыр, галиу уæхскыл афтыдта гæрз, йæ бынаты фæлæууыд. Фæсивæдыл йæ цæстæнгас аха- ста æмæфæндыр ныййазæлыд. Фæндырыуазхъæлæстимæ райхъуыст Ацырухсы чысыл, фæлæ зæрдæйæн стыр æх- сызгон чи хаста, уыцы хъæдабæ хъæлæс. Фæсивæд ын æмхуызонæй бахъырныдтой. Зарæг базырджын маргъ фестад, стахтис арвы хъæбысмæ, арф кæмттæ йын сæ- дæзæл хъæлæсæй дзуапп лæвæрдтой. Фæндыры^уазмыр- 45
тимæ баиу сты доны сæр-сæр, мæргъты цъыбар-цъыбур, афтæ зынд, цыма æрдз æнæхъæнæй дæр фестади æрд- хæрæпы симфони. — Гъей, гъей, фæсивæд, ардæм æввахсдæр рацæ- ут! — хъазæн фæзæй сæм æрбахъæрчынди. Фæсивæд ба- зыдтой Айтеджы. Базыдта йæ Ацырухс дæр. Айтег хæ- цыд йе ’рра бæхыл. Ацырухсы нæ фæндыд Айтегимæ фембæлын. Афæнд кодта фæстæмæ аздæхын. Фæлæ цы ’фсонæй? Айтег сабион бонтæй фæстæмæ зоны Ацырух- сы. Лæппу дæсæмтæ куы фæуд кодта, уæд Ацырухс та фæуд кодта æвдæмтæ. Иурæстæджы лагерты иумæ улæ- фыдысты. Гъемæ йын Айтег раргом кодта йæ уарзон- дзинад, фæлæ чызг цæхгæр нæйыл ныллæууыд. Дæсæм- тæ каст куы фæцис Айтег, уæд раидыдта колхозы ку- сын. Фыццаг азты уыд фæскомцæдисон-фæсивæдон бригадæйы уæнг. Фæлæ куысты йæхи хорз равдыста æмæ йæ уæд равзæрстой бригадирæй. Йæ уарзондзина- ды амæттаг скодта Ацырухсы. Æмæ йын кæд чызг алы- хатт дæр цæхгæр дзуапп лæвæрдта, — дзæгъæлы дæхи- цæн ныфсытæ ма ’вæр, зæгъгæ, уæддæр æм хивæнд Ай- тег нæ хъуыста. Уый нæ, фæлæ-иу алы хатт дæр йе ’ртхъирæн уыд: «Мæ удæгасæй дæу ничи ахæсдзæн!». Гъе, æмæ Ацырухсы нæ фæндыдис Айтегимæ сæмбæ- лын. Фæлæ æнæфсонæй аздæхтаид фæстæмæ, уый дæр æм аив нæ каст æмæ фæсивæдимæ хъазæн фæзмæ ба- цыд. Айтег арфæ ракодта фæсивæдæн æмæ къæйныхæй загъта: «Бузныг уе ’ппæтæн дæр, æгайтма мын Ацы- рухсы фенын кодтат, — бадардта йæм йæ къух. Апы- рухс ыи йæ къух райсынмæ нæ хъавыд, фæлæ та уæдмæ Айтеджы æнæууылд ныхас йæ хъустыл ауад. — А-лæппу амæлæд, кæд уын тагъд нæртон чындзæхсæв не скæна. мæнæ уал мæхи Ацырухс дохтырæй агæпп кæна. Ацырухс райста Айтеджы къух, йæ цæстытæ дзы фæсадзæгау кодта: — Мæ цæстытæ ныуурс сты фæстаг аз кæд фæуы- дзæн, æмæ Айтегимæ мæ цард кæд сиу кæндзынæн. Фæсивæдæй бирæтæ бахудтысты Ацырухсы ныхæс- тыл. Ацырухсы дæлгоммæ ныхæстæ акæрдæнтæ кодтой ’Айтеджы зæрдæ. Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд уæддæр, ар- хайдта, быцæу ныхасы састы цæмæй ма баззайа, ууыл. — Тæрсын, фæсивæд, æрмæстдæр иу хъуыддагæй. Мæ дохтыр ам хъæуы куы куса, уæд бирæ зындзинæд.- 46
тыл æмбæлдзæн. Горæтаг дохтырæн циу. Рынчынтæ йæм рады фенхъæлмæ кæсынц. Хъæуы та æрцæуы æнæн- хъæлæджы хабæрттæ дæр. Хохæй фыййау рахауд. Хъæ- уы йын фæдисæй баххуыс кæнын. Æмæ уырдæм та йæ хуыздæр такси — мæнæ ахæм хайуан, — йæ бæхы дзы- лар батылдта Айтег. — Уымæй дæр: фæдисы рæстæджы йыл нæлгоймаг дохтыр абаддзæн æнæсаргъæй. Фæлæ сылгоймагæн ацы æнæфæндаг хæхбæсты тæссаг у сар- гъимæ дæр. — Рагацау дæ зæрдæ цæмæн риссын кæныс? Æз зо- нын ахæм нæлгоймæгтæ æмæ, цалынмæ бæхы бырцмæ баласынц, уæдмæ йыл сæ бон сбадын нæу, — Айтеджы къухтæй æнæсаргъ бæхы дзылар райста Ацырухс/ æмæ фæсивæд æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ -йе рагъмæ стахт. Тæрсаг бæх, гъæйтт-мардзæ, йæ фæстæгтыл алæу- уыд. Мæнæ йын, зæгъгæ, Ацырухс йæ барц нæ ацахс- та, уæд зæххыл йæ тъæпп фæцыдаид. Æрра бæх йæ ба- рæджы куынæ адыввытт кодта, уæд, фатау, атахт комы сæр нарæг фæндагыл хъæуы ’рдæм. Ацырухс ма бæргæ архайдта бæхы йæ дзыларæй бауромыныл, фæлæ тæлтæг бæх цас дарддæр лыгъд, уыйас сонтæй-сонтдæр кодта, йæ фæстæ хуырдуртæ уæлдæфмæ тахтысты. Ацырухс бам’бæрста, бæхы кæй нал бауромдзæн, уый æмæ йын фидар ныххæцыд йæ барцыл. Æнæнхъæлæджы хабарæй фæсивæд цавддуртау фесты. Хорзау нал фæцие Айтег дæр. Къусриан йæ чызджы Айтеджы æрра бæхыл комы сæр нарæг фæндагыл фæцæйтæхгæ куы федта, уæд йæ кувинæгтæ йæ къухæй æрхаудысты æмæ ныффæдис кодта: «Цы фестут, хъæубæстæ, мæ бындур ныззылд!» — Мæгуырæг, исдуг цы акодтаид, уый нал зыдта, йæ рус- тæ тонынмæ фæцис, ранæй-рæтты сыл туджы фæдтæ æруад. Фæсивæдæй бирæтæ азгъордтой бæхы фæстæ, йæ уæрджытæ йæ быны дыдæгътæгæнг’æ эгъордта Къу- сриан дæр. Фæсивæдæй фæдисы раззагдæртæ хабар куы базыд- той, уæд фæстæмæ фездæхтысты Къусрианмæ. Фæлæ тарстзæрдæ мад рындзæй куы ныккаст лæнкмæ æмæ бирæ адæмы тыгуырæй куы ауыдта, уæд ныббогъ кодта, йæ сæр, йæ уæрджытæ хойгæ. — Ма тæрс, Къусриан, сæрæгас сты! — сабыр æй кодтой адæм, фæлæ ма кæм æнцад. 47
Иæ размæ азгъордта Ацырухс æмæ йæ дардæй са- быр кодта. — ^Гыцци, басабыр ма у, худинаг у адæмæй, — Ацы- рухс йæ мадыл ныттыхст. Адæм сыл æмбырдтæ кодтой. — Не ’фсин, дæ хъарджытæ ныууадз, фæлæ’ махæн абон дыккаг куывдгæнгæ у, æнæфыдбылызæй кæй баз- задыстæм, уый тыххæй, — бамбарын ыя кодта Сæрмæт. Стæй йæхæдæг адæмыл йæ цæст ахаста æмæ сын загъ- та: —Дыккаг хатт уæ хонын макæйуал бахъæуæд, табу- афси. саккаг кæнут мæ хæдзармæ. "» Л * — Бæрæгбонмæ цы адæм æрцыд, уыдон нæм æн- хъæлмæ кæсынц хъазты фæзы, — бамбарын кодта Сæр- мæтæн Хъауырбег. — Фынгтæ нын никæдæм аирвæз- дзысты. сЬæлæ бæрæгбон йæхион домы. — Хорз, мæ хуртæ, хорз, фæлæ мæ уазджытæ æххор- маг сты, — Сæрмæт ацамыдта Автандилиты ’рдæм. — Бахатыр кæнут, уазæг дзæгъæлдзых нæ вæййы, фæлæ ахæм æбуалгъы фыдбылызæй фервæзыны фæстæ бæрæгбонæй хуыздæр лæг цæмæ хъуамæ бакæса, — йæ" фæ’ндоп загъта Автандил. Адæмæн сæхи дæр тынг фæндыд, бæрæгбон куы рай- дыдтаид æмæ схор-хор кодтой, райдайæм, райдайæм, зæгъгæ. — Уæдæ, иууылдæр хъазæн фæзмæ! — Хъау!ырбег æмæ Дзантемыр цыдысты Автандилы дыууæ фæрсты. Адæм ныххæррæтт кодтой хъазæн фæзмæ. Сæрмæтиты бацыдмæ цъæх нæууыл æвæрд уыд дæргъæццон стъол сырх кæрдæнæй æмбæрзтæй. Хъæубæсты фæсивæд куы базыдтой, Ацырухс фыдбы- лызæй фервæзт, сæрæгас у, уæд та ногæй сцырен хъазт. Фæлæ иугæр Хъауырбеджы стъолы цурмæ бацæугæ куы федтой, уæд фæурæдтой фæндыр. Ныссабыр сты адæм сæ гуым-гуымæй. — Фаркы адæм, уарзон хъæубæстæ, ацы намысджын бæрæгбонмæ нæ колхоз йæхи рагæй цæттæ кодта. Гъемæ нын фаронæй нырмæ цы бантыст, уый тыххæй иу-дыууæ ныхасы зæгъдзæн сæрдар йæхæдæг. — Дæхæдæг сæ мæнæй хуыздæр зоныс, Хъауыр- бег, — раздæр ралæугæйæ, сдзырдта Дзантемыр. — Цы 48
зæгъон, цæй. Нырма нæ сины сæртыл цæмæй иыххæцæм, ахæмæй нæм ницы ис. Мæ бон у зæгъын’ æрмæстдæр иу хъуыддаг: фæстаг азты нæ колхозы хъуыддæгтæ бирæ фæрæвдздæр сты. Уæлдай бузныг стæм нæ хуыздæр хъугдуцæг Æхсæртæгкаты Сæлимæтæй... Сæлимæт фæцис Окропъиридзе Автандилы фарсмæ æнæнхъæлæджы бадт. Æмæ йын сæрдар йæ~ кой куы скодта, уæд ныфсæрмы, уæлдайдæр, профессорæй. Ав- тандил æмбæрста чызджы уавæр æмæ йын йæ къух аи- вæй райста, раарфæ йын кодта: «Хуыздæр фæу. Æхсыз- >он мын у де сгуыхтдзинад. Адæмы уарзондзинадæй стырдæр хæзна нæй æмæ дзы, æгайтма, хайджын фæ- дæ». Сæлимæт йæ сæр ноджы ныллæгдæр æруагъта, тарст, йæ цæссыгтæ куы ныггæр-гæр кæной, уымæй. Иæхицæн бынат нæ ардта фырадæргæй, ноджы тынгдæр тарст Къостайы цæстæнгасæй. Куы йыл æрхæ- ца, мыййаг, куы йæм фæкомкоммæ уа. ...Къостайы сфæлдыстадæй драмкъорды инсцениров- кæтæ кæрæдзи ивтой. Æхсæнмæхсæнты-иу фæзындысты декламатортæ. Иу рæстæджы жюрийы стъолы цурæй сабыргай сыс- тад Сæлимæт. Цыбыр къахдзæфтæгæнгæ, бараст, драм- къорд йæхицæн цыппар михыл тæнæг хъæццултæй цы цатыргонд ацарæзта, уырдæм. Сæрдар та дзырдта, стыр фыссæджы номыл хъæу- бæстæн кæй ис æппæт фадæттæ дæр,, цæмæй сæ колхоз канд йæ къахыл ма слæууа, фæлæ уа областы тæккæ æрдхæрæндæр. Нæ æвæджиауы хæхбæсты мах цæрæм ахæм дзаджджын къуымы, æмбал кæмæн нæй. Колхо- зæн йæ бон у æмæ æрмæст фысфосæй баззайа æмбисон- дæн. Нæ бон ухъæддаг дыргъхусгæнæнтæ саразæм æмæ æрмæст уыдонæй райсæм, ныртæккæ не ’ппæт хæдзара- дæй цы исæм, уымæй фылдæр æфтиаг. Фæзынд ирон фæндыримæ йæ ирон дарæсы Сæли- мæт. Урс цыллæ даргъ къаба, сырх даритыл риуыгънæ- джытæ хъазынц стъалытау. Фæндыр ныййазæлыд, нырдиаг кодта амондсыгъд чындздзон чызджы удхъизæмæрттыл. Адæм ныхъхъус сты. Ныхъхъуыстой, сæ зæрдæ сын агайдтой фæндыры зæлтæ. Сæлимæты рустыл тылдысты, цæппузыртау, уы- раугæ цæссыгтæ. Уый куыдта йæ сæфт амондыл. Про- фессор Автандилы зæрдæ нырхæндæг. Уымæ фыдракæн- дау фæкаст, ирон фæндыры кæлæнгæнæг тыхæй чи сдзу- 4. Хацырты С. Ф
рын кодта, адæмы сæ зæрдæмæ чи ныхъхъусын кодта, уый кæй нæ фæцис йæ къухы паддзахадон консерватори каст. «Ахæм æвæджиауы курдиат — Иры аивады арвыл рарттывтаид цыкурайы фæрдыгау». ^ Йæ зæрдæмæ хъусынтыл фæцис Цæразонты Къоста дæр. Цы тых æй урæдта. Куыд нæ фестад йæ бынатæк æмæ разгъордта Сæлимæты размæ, куыд нæ йын загъ- та: «Æгъгъæд мын нæ уыд уал азы удхъизæмæрттæ. Ныр мæ уæддæр мауал мар фыдудæй!» Оæлимæты къухы та фæндыр кодта зæрдæхæлдчыз- джы тæригъæддаг таурæгъ. Фæндыр банцади тъизынæй. Адæм бирæ хæттыты фехъуыстой Сæлимæты цагъд, фæ- лæ дзы ахæм нæма уыди. Хъæр кодтой, куырдтой дзы, цæмæй йæ ногæй ацагътаид, фæлæ Сæлимæт нал ба- куымдта. Уый йæ уал азы рыст зæрдæйæ аппæрста судз- гæ масты къæртт æмæ йæ ныфс нæ хаста, ахæм мастæн ма бафæраздзæн, зæгъгæ, уый. Сæлимæты раивтой «Чи дæ?»-йы фыййауы зард æмæ кафт. Уый хæдфæстæ зарджыты къорд акодта цалдæр зарæджы. Ногæй та инсценировкæ «Сидзæргæс»-æй. Автандилы зæрдыл та æрбалæууыд Датунашвили. «Хъыгагæн ам нæй. Æндæра йæ æз фенин, кæддæра йæ- хи куыд хатид». Райдианы Автандил йæхæдæг дæр зи- вæг кодта хæхбæстæм рацæуынмæ. Фæлæ йæ нæ бафæн- дыд, хъæбулы цæстæй кæмæ каст, уыцы Къостайы баф- хæрын, уый зæрдæхудт райсын. Ныр та цин кодта йæ рацыдыл. Ам цы диссæгтæ уыны, уыдон канд æрдзуры- ны аккаг не сты, фæлæ сты цæвиттонæн райсыны аккаг дæр. Æвæццæгæн, Айтеджы æрра бæхæй фервæзыны фæ- стæ зарынмæ йæ ныфс нал бахаста Ацырухс. Фæлæ «Халон æмæ Рувас» тынг дæсны бакаст. Фæцыд йæ аив каст Автандилы зæрдæмæ дæр. Æппынфæстаг адæмы ’хсæнмæ фæзындысты Къоста æмæ Тото. Адæм ныхъхъус сты. Дзантемыр айфыццаг «Заря Востока»-йы цы уац каст ацы дыууæ лæппуйы тыххæй Сæрмæт æмæ Къусрианæн, уыцы газеттæ къу- хæй-къухмæ цыдысты хæдзари-хæдзар æмæ рагацау зыдтой адæм, фыдæйхъæл кæй нæ фæуыдзысты. Зарæг «Усгуры мæт» сагайдта Къоста. Базард айста Тото. Зарынц дыууæ хæлары, хæххон суадонау рæсуг — сæ сыгъдæг уарзондзинад кæмæн уыд фондзазы дæргъы Тбилисы консерваторийы. Зарæггæнджытæ та куыннæ 60
фехъуыстой хæхбæсты адæм се стыр фыдæлтæй нырмæ. Кæддæр, дам, Нарты Ацæмæз йæ диссаджы уадындзæй куы ’рцагъта, уæд сырдæй, маргъæй æрæмбырд сты йæ алыфарс æмæ кафынтæ систой. Фæлæ хæхбæстæ, Иры- стоны хæхтæ, гуырдзиаг номдзыд крйтик Виссарионы загъдау, ахæм кæлæнгæнæг зарæг Нарты Ацæмæзы уа- дындзæй фæстæмæ нал фехъуыста. Æрдхæрдты зарæг минмырон уаззæлтæй нæрыд æрдзы хъæбысы, кæмттьг тары. Хъырныдтой йын, бæрæгбонмæ цы адæм æрцыд, уыдон се ’ппæт дæр, хъырныдтой хъæдтæ, мæргътæ, æх- сæрдзæнтæ, рæсуг суадæттæ. Æрмæстдæр иунæг Сæлимæт байгомыг. Уымæн уы- раугæ цæссыгтæ уадысты йæ рустыл... Зарæг ирон æвзагæй рахызт абхазаг æвзагмæ. Фæ- лæ нæ фæцух йæ уазмырты химæлвасæг кæлæнгæнæг тых. Æмæ зарæг адæмы зæрдæты гуырын кодта фидар æмæ рæсугъд хъуыды — мæгуыр адæмы сæрыл тохгæ- нæг Хетæгкаты Къоста Иры арвæй кæй стахт Советон Цæдисы бирæ нациты уæрæх арвмæ æмæ, нæ мадæлон æвзагау, кæй зæлланг кæны уыдон æвзæгтыл дæр. Дарддæр цытджын фыссæджы цытæн — нæрток фынг, нæртон симд. Симы Цæразонты Ацырухс абхазаг лæппу Тотоимæ. Симы профессор Окропъиридзе Автандил Сæлимæти- мæ. Бирæ усгуртæм хардзау фæкаст уыцы хъуыддаг. Сæлимæтмæ фæхатыдысты фондз азы дæргъы, фæлæ сæ’ уый никуы никæимæ акафыд. Кафгæ-кафын профессоры фарстытæн ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта Сæлимæт, цы аххосæй ралыгъд, уый тыххæй. Профессор йæхæдæг загъта Къостайæн, цæмæй иу цалдæр репетицийы скæна уыцы æнæхаиры дуэт Майсурадзе Нанаимæ. Æмæ ныр куы бамбæрста чызджы ралыгъды аххос,уæд фæсмонæй йæхи хордта, раздæр æй кæй нæ базыдта, уый тыххæй. Æргомæй æппæт дæр радзырдта Сæлимæтæн дæр. Уый цыма хурбон арв ныццавта, афтæ фæцис. Йæ рыст зæр- дæмæ ныккаст хуры тын. Иæ фондз азы хъизæмæрттæ мæнг кæй разындысты, уый йыл цыдæр æнахуыр базыр- тæ асагъта. Ферох кодта йæхи удымæстытæ æмæ цæттæ- уыд Къостамæ азгъорынмæ, уымæй мин-мин хатты ха- тыр ракурынмæ. Фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, «æгæр ын скъахтон йæ зæрдæ. Æгæрмæгуыр ын йæ бирæ писмо- тæн канд дзуапп нæ радтон, фæлæ ма сæ кæсгæ дæр нæ кодтон...» 51
Автандил симгæ бацыд Къостайы онг æмæ йæм хæ- ларæй сдзырдта: — Раив мæ, мæ хæлар, зæрондæн уыйбæрц кафын йæ бон нæу... Къоста йæ ныфс нæ хаста, фæлæ Сæлимæт куынæ алыгъд, сæргуыбырæй куы лæууыд æнцад, уæд фæныфс- .джындæр. Æрхæцыд Сæлимæхы цонгыл. Нырма пыр фæ- хатыдысты бирæ усгуртæ, профессор цæмæн симдта Сæ- .лимæтимæ, уый. Уыдон хæлæггæнæджы каст кодтой Къоста æмæ Сæлимæтмæ. Фæлæ уыдонмæ хæлар æмæ уарзонæй кастысты хъæубæсты адæм, — сабийы бонтæй сын се ’нувыд хæ- лардзинад зыдтой. Уыдонæн сæ уарзондзинад æрвыстой Тото æмæ Ацырухс дæр. Симы Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз фарны симдæй. Куырыхон лæгау та бадынц жюрийы уæнгтæ земæтæрхон кæнынц, стыр фыссæджы номыл сæ преми кæмæн радтой, ууыл. рр^ълярьлфыгвв,*
ФЛРНЫ РУХС Цæуы Хазби хохмæ. Уæзласæн машинæ йæ цалх дур- тыл куы скъуыры, уæд та Хазби йæр, пуртиау, фесхъи- уы. Машинæйы ныхмæ дыууæ стыр къамбецыл иу ацæр- гæ лæг æрбацæйласта стыр тымбыл хъæд. Хъæд йæ фæстæ уагъта залиаг калмы æнгæс фæд. Нарæг фæндаг бацахстой къамбецтæ æмæ машинæйæн сæ иувæрсты ацæуæн нал уыд. Шофер йæхинымæр схъуыр-хъуыр кодта, фæлæ æр- гомæй ницы загъта. Иæ машинæ фæстæрдæм иудзæв- гар аскъæрдта, стæй йæ иуæрдæм азылдта. — Гъе, уый дын мæ хъуыддæгтæ. Ацу æмæ ахæм адæмимæ ды цард сараз. Бирæтæ сæ цæсгом бахордтой, нал сæм хъары дзырд, ферох кодтой, колхоз кæцы ’рды- гæй ис, уый. Сæхи хæдзæртты кой кæнынц. Кæцæй цы ратоной, ууыл систы.Федтай уыцы къамбецты хицауы. УыйМæргъиты Дзиу у, хъæды рæмпæг æй хонæм. Æх- сæвæй-бонæй давы хъæд, фæлæ йын макæ зæгъæг нæй. Æмæ дæ зæрдыйæ, чи у? Кæддæр газетты дæр йæ хорз: куысты кой кæмæн кодтой, ахæм. Фæлæ ныр колхозмæ æмгæрон дæр нал цæуы. Уæвгæ, нæ колхозы куыст хорз организацигонд кæй нæу, уый аххосæй дзы Дзиуы хуы- зæттæ сæхи иуварс ласынц. Дзиуæн йæ цæуæт цæрынц алы рæтты, æрхастой ус- тытæ. Ис сын сывæллæттæ дæр. Йæ кæсдæр чызг Аси- нет та ам, нæхимæ, кусы дохтырæй. Чызджы коймæ шоферы хъæлæс æрбахгæнæгау код- та. Хазби йын фембæрста йæ мидхъуырдухæн, фæлæ ницы сдзырдта. Уæдмæ та йæ хъустыл ауад шоферы ныхас: — Æмæ цавæр чызг у, уый зоныс! Мæйдар æхсæв ацы нарæг комы æрбацыд, уæд æй, цыкурайы фæрдыгау, ныррухс кæнид. Цас курджытæ йæ ис, фæлæ марадз зæгъ, йæ фыд ской дæр никæй- уадзы. 53
— Æз, дам, мæ чызджы ратдзынæн æрмæстдæр йе ’мсæр адæймагæн. Цы хоны йе ’мсæр, уый фыды сусæг- дзинад у. Райдианы иууылдæр æнхъæл уыдысты — агу- ры ахуыргонд сиахсаг. Фæлæ -усгурты ’хсæн уыдис ахуыргæндтæ дæр. Æрмæст уыдон хъул дæр нæ атылд. — Чызг йæхæдæг та цы зæгъы? — Чызг ацы хъуыддаджы йæхи ыæ хæццæ кæны. Иæ фыды раз йæ сæр æркъул кодта æмæ æнхъæлмæ кæсы, цы тæрхон ын скæндзæн, уымæ. «Диссаг, — йæхинымæры ахъуыды кодта Хазби, — чызг йæ фидæны амонд æнæхъæнæйдæр бакодта йаз фыды бæрн... Æз та мæ фыды фæрсгæ дæр нæ бакод- тон колхозмæ рацæуыны тыххæй, цыма фæсдуар кæй авæрай, ахæм фыд мын у!» — йæ цæсты раз февзæрды- сты йæ ныййарджытæ Солтан æмæ Фари. Йæ мад ха- бар куы базыдта, зæгъгæ, йæ фырт хъæумæ кусынмæ цæуы, уæд йæхимæ хъусынтыл фæци. Цас ныфсытæ æвæрдта йæ иунæг хъæбулæй. Куы йын, намысы æрт- тивгæ бæрзæндмæ чи схызт, ахæм дохтыр уыд, куы ин- женер, куы ахуыргонд лæг. Æм-æ ныр йæ сæнтты фи- дæны мæсгуытæ, рагуалдзæджы митау, атадысты. Йæ й’унæг цæуы хъæумæ. Цæмæн, цæй тыххæй? Цы йын яæ фаг кæны?.. • Фæлæ Солтаи хорз зыдта йæ фырты. Уый иугæр сфæнд кодта хъæумæ ацæуын, уæд æй ницы тых бау- ромдзæн. Гъе, уымæ гæсгæ йæ фыртæн нæ загъта, ма ацу, зæгъгæ. Загъта йын æрмæстдæр; «Лæппу, нæ дæ урб- мын, фæлæ дæ зæрдыл дар: куывдмæ, гъе, чындзæхсæв- мæ нæ цæуыс. Парти, хицауад бахъуыды рæстæг тæккæ зындæр ранмæ фервиты адæмы хуыздæрты». Æппæт ацы ныхæстæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты Хазбийæн æмæ сагъæсты аныгъуылд. - — Бафæрсын аипп ма уæд, лæппу, фæлæ чи дæ, кæ- ’ дæм цæуыс, æнæзонгæйы хуызæн мæм кæсыс? — Хазби- йы^хъуыдытæ фескъуыдта шофер. — Алæджыхъоты Хазби дæн. Æнгузджыны хъæумæ цæуын. 1 Шофер цымыдисæй æрбакаст лæппумæ: Æвæццæгæн искæцы цæттæгæнæг организациты ми- нарвар дæ? Хъæддаг кæрдо, фæткъуы, тæрс. Нæ хъæдты сын нæккæнæн дæр нæй. Фæлæ, уæ мард макуы фесæ- фа, уагъылытæ, гуыркъотæ куы ’мбырд кæнут, уæд рав- 54
заргæ дыргъ цы кодта? Кæнæ айæппæт æнгузтæ? Ба- кæс-ма сæм, куыд дзæгъæлы сæфынц. — Æмæ сæ цæуылнæ æфснайут? — Чи сæ æфснайа? Хъæуы адæм нал ис. Ихцагъды хуызæн ныйисты. Фæлыгъдысты горæттæм, б^гдыртæм. Зæрæдтæ æмæ ма дзы цы иугай куыстхъомтæ баззад, уыдон цасыл хъуамæ аххæссой. Фæлæ чи ис, уыдон дæр иæ колхозы куыстмæ сæ хъус уадиссаг нал дарынц, хъæддаг дыргътæ голджытыдзæгтæ æмбырд кæнынц, пункттæм сæ ласынц галдзоныгътыл æмæ сæ уæй кæ- нынц. Машинæ иу ран галиуæрдæм азылд æмæ схæрд код- та хъæумæ. — Уæлæ дын уый та нæ хъæу. Дардмæ курорты хуы- зæн зыны. Дыргъбæлæсты бын фæцис. Машинæйы уынæрмæ иуæддæгуæлæ хæдзары кæр- тæй йæ бæттæнтæ тоны иу сау, къуыбырхъус стыр куыдз. — Уый, йæ бон ныккала, Мæргъиты Дзиуы хæдзар у. Йæ куыдз дæр йæхиау саузæрдæ у. Сæ хæдзары æм- гæрæтты цъиу атæхын нæ уадзы! — йæ мидбыл бахудт Хетæг. Кæдæй-уæдæй ма Æнгузджыны адæм колхозы сæр- дар Хæрзойты Тасолтаны худгæ федтой. Нырыонг æдзух бадт тарæрфыгæй, мадзурайæ. Ныр, иугæр йе ’рфгуыты æлхынцъ райхæлд, уæд æм дзырдæппарæнтæ кодтой: — Мæнæ ма нæ сæрдар дæр худын зоны... — Тасолтан, фæрнæй фæдар дæ «Волгæ». — Цавæр «Волгæ»? — худæнбылæй афарста Тасол- тан. — «Волгæ», дам, рамбылдтай, афтæ куы дзурынц хъæубæстæ. — Мæ цæрæнбонты сæ уыцы æлхæд кæнын, фæлæ мæм лотерейы билетæй сау къарандас дæр никуы æр- хауд. Æмбулгæ æндæртæ ракæнынц. — Уæдæ дын цы циндзинад райхæлдта де ’рфгуыты æлхынцъ? Махæн дæр æй схъæр кæн. — Циндзинадыл ма сыкъатæ вæййы. Заводы тæккæ 55
хуыздæр кусджытæй нæм иу æрцæуы. Тагъд мæ фер- вæздзыстут. Фæлæ, табу хуыцауæн/фервæздзынæн уæ æз дæр. Æргомæй уын куы зæгъон, уæд мæ бон нæ баци нæ колхозы хъуыддæгтæ рараст кæнын æмæ уæ тынг æфсæрмы кæнын. Æниу иууыл мæн аххос дæр нæу, æвæццæгæн. Кæмæ уæ бадзурай, уый фæзæгъы: «уаих фæуай, Тасолтан, æппын дын хуыцауы хай нал ис, кæд- мæ лæвар кусон? Уæртæ ма нæ сыхаг колхозы хъæздыг цардмæ бакæсут! Ау, иу зæххыл нæ цæрæм?» Гъемæ, раст зæгъы. Колхозы кусы, фæлæ йæм дзы хæрз чысыл хауы. Нæ хæстæй фервæзынæн иицы амал арæм. Кол- хоз фæстæмæ-фæстæмæ ацыд. Зонут мын мæ дæргъ дæр æмæ мæ уæрх дæр. Куы мæ æвзæрстат сæрдарæй, уæд- дæр уын лæгъстæ кодтон: «Хъæубæстæ, уе стыр æууæнк бирæ уæд. Разы уын дæн, арвитут мæ Хъызлармæ фый- йауæй, бригадирæй, æппынфæстаг, хуыгæсæй. Фæлæ æз уæ мад, уæ фыды уазæг, сæрдары бынатæй мæ бахи- зут. Фæлæ, уæ зæрдæ уе ’вдисæн, нæ мæм байхъуыстат. Равзæрстат мæ уæддæр. Хæлд хæдзарад райстон. Æх- сæв, бон нæ зыдтон. Сафгæ дзы ницы фæкодтон. Фæлæ йæ мардæрцыд уый у, æмæ дзы аразгæ дæр ницы скод- тон. Гъе, ныр мæ уæ хорзæх уæд, ссæрибар мæ кæнут сæрдарæй. Заводы уыцы раззаг кусæджы бар бакæнæм нæ иумиаг хæдзарад. Районы хицæуттæ сфæлмæцы- дысты мæ куырдиæттæй. Хъæубæстæ хорз зыдтой Тасолтаны. Сыгъдæгзæрдæ, æнувыд кусæг. Уый, зæххæй дард чи лидзы, уыдонæй нæу. Уымæн райгуырæн хæхбæстæ цыфæнды горæтæй дæр зынаргъдæр у. Уымæн хæхбæсты зымæджы уад- тымыгъы æхситт, уалдзæг æхсæрдзæнты сæх-сæх; мæргъты цъыбар-цъыбур, сæрд хæрздæф бæрзонд сæр- вæтты сæрмæ сатæг арвы риуыл зымты къуыззитт, уас- джыты уаст, куыйты рæйд, райсомæй фосы богъ-богъ стьГæгъуыстаджы симфони. Хъæубæсты адæммæ Тасолтаны ныхæстæ раст фæ- кастысты. Æцæгæйдæр махæй уæлдай ууыл цы мæ- гуыры бон æркодта. Куыд æмбæлы, афтæ йын æххуыс дæр нæ кæнæм. Уадз, ныр та æндæр исчи уæд сæр- дар», — хъуыды кодтой бирæтæ. 1 — Цард афтæ у, уæ рын бахæрон, æмæ адæймаг алы уаргъ хæссын нæ фæразы. Тасолтаны ’ккой та мах ба- вæрдтам, рагацау нæхæдæг дæр кæй зыдтам, нæ йæ афæраздзæн, зæгъгæ, ахæм уаргъ. Фæлæ уый дæр, -дæ 56
рын бахæрон, Тасолтан, не ’нæзонгæ нæ уыд. Сфæлмæ- цыдыстæм ацы хæддзу сæрдæрттæй. Нæ иуми’аг хæдза- рад нын сæфтмæ æртардтой. Хъæубæсты адæм смæстьъ сты æмæ загътой: «Нал нæ хъæуы хæддзуйæ сыгъзæрин сæрдар дæр. Уадз, æвзæр уæд, фæлæ уæд нæхицæй. Нæ рис кæмæ хъара, нæ цин, нæ зындзинад кæимæ дих кæ- нæм. Гъе, æмæ ахæмæй равзæрстам нæхи Тасолтаны,. фæлæ нæ рауад хъуыддаг... Æгъгъæд ын фæуæд. Рав- зарæм æидæр лæг, — загъта куыройгæс Зураб. Раст фæка^тысты хъæубæстæм Зурабы . ныхæстæ. ’Дзырд йæ %фæдыл сайдта дзырды, афтæмæй æмбырд, æнафонтæм адаргъ. Нæ дæр куыстадон хыгъд, нæ дæр æвзæрстытæ. Тасолтаны’ ссæрибар кодтой йæ бынатæй, заводæй сæм чи ’рцæуы, уынгæ дæр кæй нæма фæкод- той, уыцы фæлтæрд кусæджы равзардзыстæм еæрда- рæй, зæгъгæ. Колхозы парторг уыд ахæм хуызы æвзæрстыты ных- мæ. Фæлæ фæстагмæ сразы, афтæ хъуыды кæнгæйæ,. зæгъгæ, заводы фæлтæрд кусæг Тасолтанæй цауддæр ма хъуамæ уа! Тасолтанæн та æнæсисгæ нал уыд. Кри- тикæ ма йæ кодтаиккой, фæлæ йæхæдæг дæр зоны йæ* аххос. Раст лæг у^фæлæ нæ сарæхст куыстмæ. Парторг Хаджумар æмбырды суагъæтæ бафснайд- та æмæ сæхимæ араст. Тасолтаны хæдзарæй калдис рухс. Сæ иувæрсты ахизынмæ хъавыд, фæлæ йæ хъустыл ауад Тасолтаны ныхас: — Цæй тагъд ивынвæнд скодтай колхозы сæрдарыл дæ зæрдæ? Кæм дæ, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты æнхъæлмæ кæсынæй? Цæй, цæмæ ма кæсыс, цом мидæмæ! — Фæллад дæн, æмæ уæд та нæхимæ ацæуин. — Иунæг дзы баназ æмæ стæй фæндараст фæу, — Хаджумары цонгыл" куыд æрхæцыд æмæ йæ мидæмæ кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ æддæ ’рдыгæй æрбай- хъуыст куыйты мæнæ-мæнæ. Æвæццæгæн та Хетæг йæ машинæ æрбаскъæры Дзиуты рæзты. Æрмæстдæр уæд сæрра вæййынц куыйтæ афтæ. — Дзæгъæлы йæ сæрæн низ кæны. Дзиу йæ чызджы ахæмтæн куы дæттид, уæд æй афонмæ æртиссæдз хатты ачындз кодтаид! — загъта Тасолтан. 57
, Уæдмæ æрбазындысты машинæйы фарæты рухсытæ. — Банхъæлмæ йæм кæсæм, æвæццæгæн, ардæм цæ- уы! — загъта Хаджумар. , Машинæ уайтагъд æрбалæууыд сæ цуры. Хетæг сæм >кабинæйы рудзынгæй радзырдта: — Иу агуыридур дæр мын нæ радта завод. Уæ фа- роны хæстæ уал, дам, бафидут, стæй та, дам, фендзыс- тæм. Афтæ æмцег, дам, уæ цы райстам, æмæ уæ не '’ккой рахæсс-бахæсс кæиæм. — Цæй, хорз, дæ машинæ уал ам фæлæудзæн. Цом ;мидæмæ. — Мемæ ма чидæр ис. — Чи у? — Горæтæй. Иу æвзонг лæппу. Нæ хъæумæ цæуы. Хаджумар йæ дзыппы фанарæй барухс кодта каОинæ. Разынд сæм Хазбийы цæсгом. Уый йæ бынаты æрны- тъуылæгау кодта. — Лæппу, цы ’мбæхстытæ кæныс? Æрхиз бынмæ! — «сдзырдта йæм Хаджумар. — Ахæм хæдзары раз^ не стæм, æмæ йæ иувæрсты ацæуæм. — Уæ хорзæхæй, кæд гæнæн ис, уæд мын колхозы правлени бацамонут, æндæр, ацы æнафоны искæй хæ- дзармæ цæуын -аив нæу. — Гъæй, дæ мард фесæфа, ды ма ацы хъæуы уазæг- дон дæр æрцагурдзынæ. Бæлвырд, горæттаг лæппу у! — ногæй та сдзырдта Тасолтан. — Колхозы правленийæ цы кæныс, Хазби. Дæ разы лæууынц колхозы сæрдар Хæрзойты Тасолтан æмæ парторг Куымæридтаты Хаджумар. — Уæдæ, æз та дæн Алæджыхъоты Хазби. Механи- кон заводы кусæг. Фæскомцæдисон обкомы фæдисон. .Нырæйфæстæмæ кусдзынæн уæ колхозы. — Фæлæу-ма, лæппу, дæу йеттæмæ ма исчи æрцæу- .дзæнис уæ заводæй нæ колхозмæ * кусынмæ?—цымы- .дисæй йæ афарста Тасолтан. — Ничи, — цыбыр дзуапп радта Хазби. Тасолтан иуварс мæсты ту акодта æмæ йæхинымæ- •ры ахъаззæгтæ ныссидт... 1 — Дуармæ дзæгъæлы лæууæм, табуафси, саккаг кæн :мидæмæ, — йæ маст уромгæйæ, разæй ахызт Тасолтан. Йæ фæдыл бацыдысты иннæтæ дæр. — Хорз адæм, табуафси, базонгæ ут, заводы фæл- 58
тæрд кусæг, нæ колхозы сомбоны сæрдар Алæджыхъо- ты Хазбиимæ. Фынджы фарсмæ чи уыд, уыдон хорзау нал фесты. *. *' * Дыккаг бон Тасолтаны фæндыд колхозы хъуыддæг- тæ Хазбийы къухы тагъддæр ныссадзын. Æдас нæ уыд, хъæубæстæ сæ фæнд куы аивой, уымæй. Фæлæ Хазби нæ тагъд кодта сæ райсыныл. Горæтмæ сæхимæ адзы- рдта хъæусоветы телефонæй. Ракодта йæ фыдæн кол- хозы хабæрттæ лæмбынæг. Зын уавæры кæй бахаудта Хазби, уый хорз æмбæрста Солтан. Фæлæ уавæр домд- та æххуыс æмæ йын загъта: — Фидар лæу, лæппу, кæддæрчАлыккаты Хазби Дыу- уæдоны астæу уæззаудæр уавæры уыд, фæлæ нæ фæ- тарст. Райс царды рохтæ дæхимæ. Хъæубæстæ дæм æх- хуысмæ æнхъæлмæ кæсынц. к Хазби раздæхт колхозы правленимæ. Тасолтан бадт æлхынцъæрфыгæй. Æнхъæлмæ каст уазæг лæппуйы фæ- зындмæ. Фæлæ уый^ иæ зынд. «Æвæццæгæн ын дысон фæсивæдæй исчи ралæхурдта колхозы хабæрттæ æмæ æхсæвыцъæхæй лидзынмæ фæци», — хъуыды кодта Та- солтан. Фæлæ уæдмæ сæрдары уаты къæсæрыл æрба- лæууыд Хазби. Цыма мидæмæ бахиза, æви нæ, ууыл дызæрдыг кодта, афтæ фæкаст Тасолтанмæ. — Кæм дæ, Хазби, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты райсомæй нырмæ? Æвæццæгæн, дæ фысымтæй дæ зæрдæ нæ барухс æмæ фæлидзæг дæ. — Фысымы тыххæй бузныг, Тасолтан, фæлæ галхо- зы хъуыддæгтæ афтæмæй нæ райсдзынæн мæхимæ. — Уый та куыд нæ райсдзынæ? — йæ маст æмбæхс- гæйæ, афарста Тасолтан æмæ йæ хъуыды фæбæлвырд- дæр кодта. — Цы хъæубæстæм æрцыдтæ, райсом дæ кусын кæимæ хъæудзæн, уыдон фæндоны сæрты дын ахизгæйæ нæу. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр ацы райсом правле- нимæ æрбацыдысты колхозонтæ. Знон æхсæв Тасол- тантæм Хазбийы чи федта, уыдон хъæубæстыл ахæлиу кодтой, горæтæй сæм цы æвзонг лæппуйы сæрвыстой колхозæн æххуысмæ, уыцы хабар. Æмæ дзы ныр уа- раджы бирæтæ æрбалæууыдысты ам, иымыдис кодтой 59
Хазбийы фенынмæ. Ас адæмæй кæмæдæрты æцæг æры- гон фæкаст. Фæлæ чындздзон чызджытæм — гъæйтт- мардзæ усгур лæппу. Уыдис дзы ахæм амондмæ батæ- худыгæнджытæ дæр. — Цæй, цы ми кæнæм дарддæр, Алæджыхъойы фырт? — афарста йæ Тасолтан. — Хъуыддæгтæ дæхимæ исыс, æви нæ? — Нæ! — Уæдæ? — Уаг æмæ нывыл æмбырд ауадзæм. Колхозы раза- мынд саразæд хыгъдон доклад. Уый фæстæ мыл кæд адæм ахæм бæрнон хæс æвæрой, уæд, табуафси, райс- дзынæн хъуыддæгтæ мæхимæ, æрмæст сæрмагонд къа* мисы фæстæ. Уыцы къамис хъуамæ сбæрæг кæна кол- хозы хæдзарад фæстаг судзины онг. Адæм сæхимид- базмæлыдысты. Иутæн æхсызгон уыд, уæлдайдæр фæсивæдæн, Хазбийы æргом æмæ бæлвьГрд иыхас, иннæтæн — хъыг. Нæма æрхæццæ æмæ хъæу- бæстæн йæхи уынаффæгæнæг акодта. Колхозы адæм фесты дыууæ дихы. Ныхас йæхимæ райста Хæрзойты Зураб. — Мæ хур, Алæджыхъоты лæппу, мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд, æз зæронд лæг дæн, цæрдтæй мæрдтæм феввахсдæр дæн. Мæ сæрыл куырой нæ ра- зылд, уый йеттæмæ æппæт дæр федтон. Дьгмах нæ зо- ныс, мах — дæу. Нæ раздæры сæрдæрттæн-иу сæ иу къах ам уыд, иннæ — æндæр ран. Афтæмæй колхоз цыд бонæй-бон сæфтмæ. Фæстаг хатт ма равзæрстам мæна. нæхи Тасолтаны, фæлæ нын уый дæр ницьГхорзæй са- рæзта, ницы æвзæрæй. Ныр дæ æвзарæм сæрдарæй. Тасолтанæн та æнæсисгæ нæ уыд йæ бынатæй. Уый сис- там, дæу æвзарæм. Гъеныр дæ лæгдзинад æмæ дæхæ« дæг. Иу абонæй иннæ абонмæ куьГ фæдзурæм Тасол* таны куыстыл, уæддæр, йæхæдæг цы загъта, уымæй уæлдай дзы мах дæр ницыуал зæгъдзыстæм. Æгæр лæ- мæгъ разындысты йæ уæхсджытæ æхсæнады уаргъ хæс- сынмæ. Бавзар, мæ хур, ды дæ хъару... Дунейы фарн зæгъæд, иннæ сæрдæртты хъауджыдæр нын цы фæ* рæстмæ уай. — Хъæубæсты адæмæн, ног æмбырд уыдзæн, фæлæ ’уым уæлдай ницыуал зæгъдзысты. Къамисы тыххæй цы зæгъыс. уым дæ бар дæхи, æхсæнадон фæллæйтты бæрн цæуыс, дзуяпп сын дæтдзынæ. 60
— Мæнæ дын уый та не зноны æмбырды суагъæ! -- Хазбийы раз æрæвæрдта Хаджумар, знон цы суагъæ ныффыста, уый. * * * Хазби колхозы хъуыддæгтæ йæхимæ куы райста, уæдæй нырмæ хохæй быдырмæ дзæвгар дон аивгъуыдта. Федта, зымæджы рæстæг доны æдых, æгуыдзæгдзинад, чысыл куырæйттæ цæмæй зилой, уый фаг хъару йæм нал вæййы. Федта йын уалдзæг æмæ сæрд йе ’рра ми- тæ. Федта колхозы дыргъдæттæ, цæхæрадæттæ, æр- зылд хуымзæххытыл, уыгæрдæнтыл. Лæмбынæгдæр æр- каст фёрмæты бæстыхæйттæм, къутутæм, амидæг Хъызлары дæр. Фыййæуттæ кæм цæрынц, цы уавæры сты фос, уыдон иууылдæр лыстæггай йæхимæ фæфыс- та. Зымæгон хохы чи уыд, æмæ сын чи нæ зоны сæ цард. ^ Ныууары мит, æддæмæ а^æсæн нал вæййы. Хуытæ чи схæссы, уыдон сæ аргæвдынц æмæ кæрæдзи рахон-ба- хон сисынц. Цæл, минас — къубалмæ, куы иу ран, куы иннæ ран. Ахæм рæстæджы ма райхъуысы хъæуы хæ- дзæрттæй цины зарджытæ, æидæр дзы æрцæуæг адæй- магыл фырæнкъардæй пъæззы ныббадид. Фæлæ Хазби- йы æнкъард кæнынмæ не ’вдæлы. Уымæн зымæджы карзы дæр рæстæг нæ фаг кодта. Рæстæг цыд æмæ колхозы хæдзарадмæ йæ къух кæцырдæм фæнды фæ- кодтаид:'Сæ фермæты бæстыхæйттæ— алы ’рдыгæй гом, сæ дыргъдæттæ — æнæ ’мбонд, сæ фос — куы æфсæст, куы — æххормаг. Дарддæр рæстæгæй иунæг минут дæр дзæгъæлы са- фæн нæ уыд. Уалдзæджы куыстытæн фидар бындур зымæг иæ сæвæрдтай, зæгъгæ, уæд сæрд æмæ фæззæг- мæ хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæс. Уæлдайдæр та ахæм æгуыдзæг ’колхозы. Гъе, уымæ гæсгæ иу бон æрбамбырд кодта Хазби колхозы партионтæ æмæ фæскомцæдисонты æмæ йын цыбыр рæстæгмæ цы бантыст рлхозы хæдзарадæй сахуыр кæнын, ууыл лæмбынæг æрдзырдта. / — Колхозы хæдзарад цы æгуыдзæг уавæры ис, уый мах зонæм, уый нæм диссаг нæ кæсы. Фæлæ нæм ды цæмæн фæдзырдтай? Дæ хъуыды ма фергомдæр кæн. Абон нæ сыха^гтæ заманайы хуы ачъепп ластой æмæ 61
уырдæм хуынд дæн! — загъта, айфыццаг æй ацы хъæу- мæ чи æрбаласта, уыцы Хетæг. — Мах тыхæй никæй хуыдтам, Хетæг. Дæ бон у, æмæ ацæуай минас кæнынмæ! — ууыл фæлыг кодта Хе- тæгимæ йæ ныхас æмæ иннæ адæмыл йæ цæст ахаста. — Æз сымахмæ фæдзырдтон ахсджиаг хъуыддаджы тых- хæй. Æмæ уæ мачи бавгъау кæнæд йæ зонд. Алчи дæр зæгъæд, зымæджы афтæ æгуыдзæгæй цæмæй ма бадæм, уымæн цы гæнæнтæ ис, уый тыххæй. — Хазби, Хетæгмæ дзæгъæлы фæмæсты дæ. Махмæ зымæг ахæм у, æмæ нæ æддæмæ ракæсын нæ фæуа- дзы. Фермæты чи кусы, уыдон зилынц фосмæ. Иннæтæй кæмæн куыд йæ къухы æфты, афтæ æрвиты йæ рæстæг, хъарм пецы фарсмæ бадынц, фенхъæлмæ кæсæм уал- дзæджы æрцыдмæ, — сдзырдта Тасолтан. — Хетæг, зæгъæм, ма дзурæм колхозон куыстыл„ клубыл, фæлæ кæд ды уарзыс хъарм арты фарсмæ ба- дын, уæд мæнæ уыдон уæ хъæуккæгтæ куы уыдысты, — къамтæм бацамыдта Хазби, — уемæ куы куыстой кол- хозы, æмæ Фыдыбæстæйон хæсты мах рæсугъд фидæны тыххæй куы ныккалдтой сæ туг, уæд уыдон бинонтæ дæр хъарм арты фарсмæ бадынц? Знон сидзæргæс На- гъуыйы йæ кау сæтгæ федтон æмæ цæттæ.уыдтæн зæххы скъуыды ныххауынмæ. Йæ кæрты иу суджы къæцæл нæй. Йе ’ртæ фырты та хæсты быдыры баззадысты. Мæнæ нæм къамтæй кæсынц. Уыдонæй аргъуц хъæуы. Хохаг хъæ- уы — Æнгузджыны цæрæццаг фæсивæдæй авд æмæ ссæ- дзæй сæ рæсугъд æхсидгæ цард æрхастой нæ фæуæла- хизы сæраппонд. Хатыр, фæлæ уыцы цæргæстæ цы уæзæгæй атахтысты, уым та сæ уæлмæрдтæ рохуаты баззадысты. Кæм ис Карум та? — Мæнæ дæн, — уаты иу къуымæй æрбадзырдта иу рæстæмбисас, æнæдаст, цæгæрсæр лæг. — Тæккæ райсом ссæрибар кæн клуб. — Æмæ сæ цы фæкæнон? — Ууыл дæхæдæг ахъуыды кæн. Ды дæ къæбицгæс æмæ дæ бæрн цы куыст уыд, ууыл афоныл хъуыды кæнын хъуыд. Куырдадзы бæстыхай æгуыдзæг уавæ- ры ис. Иу цалдæр раны фегом. Цы амай ис, уымæй !йæ бангæмттæ хъæуы. Фермæты федтон, нæ фос дзой- дзой кæнынц. Холлаг фаг кæй нæй, уымæ гæсгæ сын ма амæлайы муртæ баппарынц, уый ницы хъуыддаг у. Сæ сæрæндæрты хъæуы æввахсдæр хъæдтæм скъæрын 62
хъæды хих хæрынмæ. Уый хыгъд мæллæгдæртæм фыл- дæр холлаг æрхаудзæн. Азилын хъæуы хъæубæсты: сидзæргæстыл, хæсты инвалидтыл, стæй, æнæуыйдæр, колхозонтæй тыхстдæр^ чи у, уыдоны хæдзæрттыл æмæ суг, хæлццух чи у, уы- донæн исты амал бакæнын хъæуы. Федтон кусæнгæрз- тæ. Сæ иутæ — æфсоны цалцæггонд, иннæтæ — алы рæт- ты æнæмбæрзтæй кæлдтытæ, згæ сæ хæры. Колхоз цы тауинæгтæ рахицæн кодта, уыдонæй зæр- дæ нæ райы. Иуæй æнæхсæст, иннæмæй хорз мыггаг не сты. Дзырдтон хицæуттимæ. Ныфс мын .бавæрдтой сæ баивынæй. Хъызлары нæ фиййæутты цатыр иннæ фыййæутты бæстыхæйтты цур мæгуыргуры хуызæн зы- ны. Æппæт уыцы хъуыддæгтæм æркæсын хъæуы ныр- тæккæ, зымæджы рæстæджы. Уалдзæг нæ уыдæттæм не ’вдæлдзæн. Ныхас ахаста æмбисæхсæвмæ. Цыма арвы дуар фе- гом, уыйау мит урс пирæнгæттæй уарыд æмæ уарыд. Æмбырды адæм фæйнæрдæм апырх сты. Хазбимæ афтæ фæкаст, цыма адæмы зæрдæмæ фæцыдысты йæ фæндæттæ. Бахъардтой сæм йæ ныхæстæ. Фæлæ æмбырд. у ныхас. Ныхас æмæ хъуыддаг кæрæдзийæ ма хъуа- мæ хицæн кæной. Æмæ уымæ та зымæгон æхсæвы фæ- стæ цы райсом æрбалæууа, уæд æнхъæлмæ касти бирæ хъуыддæгтæ. Иæ цæрæн уатмæ куы бацыд æмæ хуыс- сæны йæхи куы æруагъта, уæддæр ма хъуыды кодта колхозы хъуыддæгтыл. «Уæззау, тынг зын уавæры и.с колхоз. Фæлæ Алыккаты номдзыд Хазби Дыууæ доны астæу зындæр уавæры уыд», — ахъуыды кодта Хазби æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. * * * Дыккаг бон колхозонтæй иутæ куырдадз цалцæг* кæнынмæ бавнæлдтой, аннæтæ, уæлдайдæр фæсивæд, уыдонимæ та Хетæг дæр, .сæ удыл нал ауæрстой кол- хозы клубæй къæбицы дзаумæттæ фетте кæныныл. Ка- рум йæ сыхагимæ баныхас кодта æмæ уал ын уый рæ- стæгмæ йæ уæттæй иу радта. Хетæгмæ афтæ каст, цыма- колхозон клуб куы скуса, изæрыгæтты дзы ирон фæнды/ ры цагъд куы райхъуыса, уæд хъазтмæ æнæф’æзынгæ нæ
•фæуыдзæн Асинет. Омæ, цы хорз ^афы, цы хорз зары! Уадз æмæ мæ сусæг бæллицтæй мацы бантысæд, фæлæ ахæм чызгимæ иу симд — кæуылты амонд у!.. Колхозонты иннæ къорд та, къæпитæ, белтæ, лом- тæ айстой æмæ ацыдысты колхозы куыроймæ. Бон- изæрмæ фæсыгъдæг кодтой донмарæн. Ныцъцъæл ын кодтой йæ ихтæ. Стыр сихортæм митæмбæрзт донмарæ- ны иу^ихы къæртт дæр нал уыд. Æрмæст ма ласта хæмпус миты сæлæф фæлгуыртæ. Зураб куыройы цалхы ихтæ х’ъавгæ куы ныссаста фæрæтæй, уæд нукмæ ауагъ- та дон- Цалх рæвдз азылд, райхъуыст куыройы гæр- къæраджы хъæр. — 0, уæ рын бахæрон, кæд кæцæй фестут. Бауыр- нæд уæ, кæд нæхи бимонтæ дæр, ссад кæй нæй, уый ах- хосæй ныр æртыккаг бон дзырна нæ хордтой. — Уырны нæ, уырны. Куырд — æнæкард, дзабыр- хуыйæг’—’æнæдзабыр, куыройгæс та — æнæссад, — загъта йын Хаджумар.— Фæлæ нырмæ цы уыд, ууыл дæ къух сис. Амæй фæстæмæ куыроймæ дæ хъус хуыз- дæр дар. Ныллæууыд ма дыи йæ зилынæй, уæд, зон, æндæрмæ лæвæрд æрцæудзæн. Хъæдмæ чи ацыд, уыцы, къордимæ уыд Хазби йæхæ- дæг. Уæрагмæ миты алæгæрстой, сæ фæдыл ластой дзо- ныгътæ, сæ дæлæрмтты — фæрæттæ. Иу хъæды фахсмæ куы б,ацыдысты, уæд уайтагъддæр фæрæты къупп-къупп райхъуыст. Хазби æгъуыстаджы æрдзыл цымыдисæй «ахаста йæ цæст. Бæрзонд рæгътыл, уæйгуытау, лæууынц нæ фыдæлты мæсгуытæ сæ урс худтимæ. Урс дарæс скодтой хъæдтæ, æрдузтæ, кæмттæ. — Гъе, гъе, гъе! — хъæд иууыл ма ныццæгъдут, на- уæд мæ фос цы хæрдзысты, — сæдæ дзæнгæрæджы хъæ- лæсау æрдзы анæрыд Зурабы фырт Гæбайы хъæлæс, Уый-колхозы стурвос аскъæрдта хуссарварсмæ æмæ сын бæласы къалиутæ цагъта фæрæтæй. Стонг фос зы- дæй хæрынц бæлæсты таутæ. — Мæнæ дын нæ зымæджы хæрзиуджытæй! — рæ- гъæд мугæ æмæ тамелайы къалиутæ бадардта Арон Хазбимæ. — Дæ хуын бирæ! — къалиутæ дзоныгъыл æрæвæр- гæйæ, хус бæласы цæнгтæ æхсæдыныл схæцыд Хазби. Арон Хазбрйы цагъд сугтæм бакаст цымыдисæй æмæ нын загьта: — Уый æппæт сугтæй цы кæныс? Уыдон дыууæ дзо- 64
ныгъы дæр нæ бацæудзысты. Стæй ацы астæумæ миты стыр дзоныгъ ласæн дæр нæй. ^— Раст зæгъыс, фæлæ суг иунæг абон нæ ласæм. Райсом дæр ма ласын хъæудзæн æмæ уадз æмæ цæттæ уой. Æнæуый та фæндаг уырдыг у æмæ, нæ зонын, дзаг дзоныгъ афтæ зын ласæн цæмæн хъуамæ уа. Хазбиимæ цы фæсивæд ацыд, уыдон сæ дзоныгътыл самадтой, цас гæнæн уыд, уымæй фылдæр æмæ æруыр- дыг кодтой хъæуырдæм. Сæ сугтимæ Нагъуыты кæрты балæууыдысты колхо- зы сæрдар Хазбй æмæ Арон. — Гъе, уæ сæрыл мæ æрдават æмæ уæ ныййарджы- тæ уæ хурæй бафсæдой, кæд мæ цы хорздзинад зонут! — оатыхст ус æмæ, дарддæр цы акодтаид, уый нал зыдта. Фæлæ лæппутæ сугтæ калыныл куы сбæндæн сты, уæд фæцарæхст æмæ загъта: — Уыдон уадзут, уæ нывонд фон, ныр сæ мæхæдæг бабæстон кæндзынæн, фæлæ мидæмæ рацыт æмæ уæ къухтæ ахъарм кæнут. — Ныртæккæ нæ не ’вдæлы, мæ мады хай, æндæр хатт, — дзуапп радта Хазби æмæ рацыдысты колхозы правленийы ’рдæм. * * * Фæстаг дæс азы ма фыццаг хатт райхъуыст Æнгуз- джыны колхозы клубæй ирон фæндыры цагъд æмæ тых- джын æмдзæгъд. Къæбицы хара-хура куы федде кодтой, уæд æрæвнæлдтой клуб ранывыл кæнынмæ. Лæппутæ йæ рацагътой чъырæй, барæвдз ын кодтой йæ рудзгуы- тæ, чызджытæ йын ныхсадтой йæ пъол. Иутæ фыстой лозунгтæ, иннæтæ—диаграммæтæ. Хазби скъахта кол- хозы архивтæ æмæ, цалдæр азы дæргъы колхоз дæлæмæ куыд цыд, уый диаграммæ саразын кодта. Дардæй ба- кæсгæйæ, диаграммæ афтæ зынд, цыма уæйыгарæзт адæймаг цалынмæ бæрзонд хохы цъуппæй арф комы цъасмæ хызт, уæдмæ ма дзы баззад стæгдар. Диаграм- мæны бынмæ уыд фыст: «Дарддæр ахæм худин’аджы уавæрæн быхсæн нæй!» Клубы къултæй иуыл авджын фæлгæттæй кæсынц, Æнгузджыны адæмæй хæсты быдыры чи фесгуыхт æмæ йæ цард чи радта, уыцы хъæбатыртæ. Сæ бынмæ фыст* «Æнгузджын сæрыстыр у йæ хъæбатыр фырттæй».. 5. Хацырты С. 65
Хицæн диаграммæтæй æвдыстой, колхоз фидæнмæ йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон. Колхозонтæ рацыдысты. Бирæтæ дзырдтой: — Бакæсут ма нæ куырдадзмæ — фыццаг кæркуа- сæнтæм йæ дзинг-дзингæй никуы баицад. Хуыцауыстæн, æппæт кусæнгæрзтæ дæр афтæ- цалцæг цæуынц æмæ нæ фыны дæр уый æнхъæл никуы уыдыстæм. Кæнæ ахæм зымæджы тъæнджы нæ куырæйттæ кæд зылды- сты? Ныр ма сæм бакæс. Цъалайы дон фæстаг æртахы онг донмарæнтæм ауагътам. Ахæм сæрæн лæппуйы руа- джы, æвæццæгæн, Ильичы рухс дæр фендзыстæм. — Дзæгъæлы сæнттæ! — йæ ныхас дардæй баппæрс- та, уæдæй нырмæ адæмы ныхасмæ æрхæндæг зæрдæйæ чи хъуыста, уыцы Мæргъиты Дзиу. — Мæнæ дæ райсом æд къамбецтæ нæ разæй куы атæрæм телы хъæдтæ ласынмæ, уæд базондзынæ ар- гъау у æви æцæгдзинад! — дзуапп ын радта Зураб. — Ныр дæуæн иугæр дæ куырой разилын кодта, уæд, æвæццæгæн, дæ сæр дæр разылд æмæ цæттæ дæ, уæларвмæ атæхынмæ. Фæлæ æз сæрхызт дæн æвзонг- дзинады азтæй. Æз Дзиу дæн, Дзиу, — йæхи сæстыдта Дзиу. — Дзиу кæй дæ, уый нын цæмæн амоныс, рагæй дæ зонæм. Фæлæ куыстхъом адæмæй рухс æрбауадзыны ха: йад чи нæ райса, уый электры цырагъ йæ фыны дæр нæ фендзæн. — Рухс æрбауадзыны куысты æз бегарайы цал хат- ты уыдтæн, уал боны ды колхозы никуы бакуыстай, куыройы уыры, æмæ дæ ныр чи уынаффæгæнæг кæ- ны? — басхуыстытæ йæ кодта Дзиу. — Æдзух хæрам ныхас ма кæн, Дзиу. Дæ ивгъуыд бонтæй дæ сины сæртыл ма хæц. Æз уыдтæн куыройгæс æмæ куыройгæсæй кусын абон дæр. Фæлæ ды та цы фæндагыл ныллæууыдтæ? Хъуццыты бæсты сыл къам- бецтæ балхæдтай туджы аргъæй æмæ æхсæнады хъæд лæпирыс, рæмпæгау. | —Тъей-гъей, уæлдæйттæ ма дзур! — бартхъирæн ,кодта Дзиу. ^ — Æндæра цы?! — йæ хъæлæс ноджы фæуæлдæр кодта Зураб. Уый уадиссаг хъаруджыныл нымад никуы уыд, фæлæ йæ хисдæр фырт Гæбайы ныхасмæ æрбацæу- гæ куы федта, уæд дзы иуæй ныфс бауагъта, аннæмæй, 66
йæ фырты цур искæмæй фæтæрса, уый йæ сæрмæ нал бахаста. Гæбайы æрбацыд бафиппайдта Дзиу дæр æмæ кæд. ныхасы йе ’рвадæлтæй уыд, уæддæр сыл йæ зæрдæ уа- диссаг нæ дардта æмæ йæ хъæлæсы уаг фæфæлмæндæр» кодта: — Дæ фындзы бынæй дарддæр ницы уыныс, Зураб,. æмæ афтæмæй, бæгуы лæгау, алыхатт тыхныхас фæкæ- ныс. Рухс махæн куы лæвæрдтаиккой, уæд нæ иувæрсты Уæлвæзы хъæумæ нæ сивгъуыдтаид. Быцæуы цырены æрбацыд Хазби. Фехъуыста Зураб* æмæ Дзиуы ныхæстæ. Æхсызгон ын уыд, Зураб дзы ахæм ныфс кæй æвæры, уый, æмæ йын йæ ныхæстæй йæхицæн скодта хатдзæгтæ: уæдæ сæ иугæр рухс æрба- уадзынæй ныфс ис, уæд мыл æууæндынц, сæ зæрдæ мыл дарынц. Æмæ бацымыдис кодта, уæддæр рухс уæ иу- вæрсты куыд сивгъуыдта, зæгъгæ. — Бафæрс сæ, мæнæ стыр ныхас чи кæньг, уыдо- ны, — бустæгæнæгау сдзырдта Дзиу. — Трансформ-атор нын æлхæнын кодтой, нæ балхæдтам, телы хъæдтæ, дам;, æрцæттæ кæнут, йæ бынатæй сæ ничи феггуырст. Хазби, хъæуы цæгатвахс хъæдмæ скæсгæйæ, йæ сæр’ дисгæнæджы тылд бакодта. Иæхинымæры ахъуыдьг кодта: «Ардыгæй ардæм дыууæ къахдзæфы йеттæмæ* нæу æмæ телыхъæдтæ не ’рцæттæ кодтойГ Цæуыл дзу- рæг у уый? Хъæубæсты адæм кæрæдзи не ’мбарынц*. Хæрамдзинад се ’хсæн тау суагъта æмæ кæрæдзимæ æнæуыноны т^æстæй кæсынц! — Хазби æмбæрста, æппæт куыстытæй йын тæккæ зындæр кæй уыдзæн адæмы æры- муд кæнын. Йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта фæндыры рог цагъд æмæ тыхджын æмдзæгъд. Адæм байвылдысты мидæмæ: Иу лæппу йæ цæнгтæ ныппака кодта, афтæмæй йæ къахфындзтыл нал ауæрды. Хазби аивæй йæ цæст ахаста клубы адæмыл. Фæ- кастис сæм иу дзæвгар, стæй’хъазтмæ бацæуыны бæстьг, араст правленимæ. Иæ сæр æмхæццæ уыд æмтъеры хъуыдытæй. Хъæубæсты адæмæй йæ цæстытыл куы чи ауад, куы чи. Стæй æрсабырдæр æмæ йæм ирддæрæй разынд Зураб * æмæ Дзиуы быцæу. Телы хъæдтæ æмæ трансформатор йæ сæры зилдух кодтой. Куы-иу æвип- пайды ссыгъд Ильичы рухс æмæ-иу æнæхъæн ком ныр^' рухс, анæрыд-иу дзы адæмы стыр цины ура. Куьг та-- 6#
щ арвы ферттывды фæстæ дуне куыд аталынг вæййы, •афтæ йыл бæстæ мæйдартæ кодта. Бахæццæ правленимæ. Фæтæгены цырагъы рухсмæ бадт Хаджумар æмæ цыдæртæ фыста. — Æмæ ды клубы цæуылнæ дæ? — афарста Хазби. — -Клубы æнæ мæн дæр фаг адæм ис. Фæлæ иугæр здæмы райхъал кодтам се ’ндзыг уавæрæй, уæд мæнæн дæр иурай бадгæйæ нæу. Гъе, æмæ хъуыды кæнын мæ (Сомбоны куыстыл. — Изæрæйнырмæ цы фæфыста, уыдон Хазбииы размæ бассонæгау кодта. Хазби сæм иудзæвгар фæкаст, иу хатт йæ мидбылты Æахудт.æмæ йæ Хаджумар афарста: — "Цы дзы ис худинагæй? — Ницы. Фæлæ нæм иу фарсты фæдыл æмхуызон хъуыдытæ сæвзæрд. — Цавæр? — бацымыдис кодта Хаджумар. — Цæй, ууыл фæстæдæр адзурдзыстæм. Фæлæ ныр та аныхас кæнæм æндæр фарстыл. Зæгъæм, трансфор- .матор самал чындæуыд, уæд рухс æрбауадзын нæ къу хы бафтид? — Цы ’бафтын æй хъæуид уæд. Хъæд — нæ уæлæ. Телы хъæдтæ рахалдтам, æмæ фæцис. — Æмæ телтæ, кружкæтæ, æфсæйнаг къæдзойтæ?.. , — Æндæразæй нырмæ уæлæ мæ къæбицы сты. Обл- ’селэнергойы кусджытæ сæ нывæрдтой уым. Цы, дам, сæ дыууæрдæм ралас-балас кæнæм, уæддæр, дам, уæ ;æнæрухсæй нæ ныууадздзысты. — Дæ хъуыддаг раст! — сдзырдта Хазби йæхиимæ дзурæгау. — Æз зонын иуран трансформатор. — Кæм? — фæцырд Хаджумар. — Заводы кæрты. — Заводы æндæр ницы ис? — æвиппайды æруазал Хаджумар. — ^Фæлæу, фæлæу. Нæхи заводы кой дын кæнын. Бафæлварæм нæ амонд. — Бафæлвар, бафæлва’р! — йæхиимæ дзурæгау ба- кодта Хаджумар. ; Хазби телефон æрзылдта æмæ телефонисткæмæ- ба- , хатыд: 1 — Дæ хорзæхæй, горæт мæ тагъд хъæуы. Цавæр номыр? Афысс дæхимæ æртæ æмæ æртындæс. Гæнæн нæй. Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн... — Телефоны хæтæл сауыгъта. — Цæуылдæр сагъæс кæныс, Хаджумар? »68
— Гъай, гъай, базыдтай йæ.Мæныл ныр цæуы фондз: æмæ дыууиссæдз азы. Астæуккаг скъола каст куы фæ- дæн, уæд мын институтмæ бацæуыны фадат нал фæци, æмæ, куыд фæзæгъынц, æвзæрæй баззадтæн ам, хъæуьг. Бирæ сæрдæрттæ раивтон, куыстон æдзухдæр колхозы. Авд зымæджы арвыстон Хъызлары, фосы фæстæ. Уыд- тæн хосдзæуттæн бригадир, фермæйы хицау. Æмæ уал азы адæмимæ кæй фæкуыстон, уый мын фадат радта сæ зæрдæмæ ныккæсынæн. Рахатыдтæн сæм ахæм ми- ниуæг: æууæндынц дыл, демæ зындонмæ дæр ацæудзы- сты, фæдызæрдыг дыл сты — æмбис ныфс дæр сæ ма вæр, се 'уУæнк сын бахордтай, — дæ алы хорз хъуыдда- гыл дæр дæ къух ауигъ. Дæ хъуыддæгтæ ныртæккæ* хорз цæуынц, Хазби. Кæцырдæм фæцаразыс дæ ных — хъуыддаг дзы базмæлы. Фæлæ æз тæрсын, дæ тыхтæ- куы ныкъкъаппа-къуппа кæнай, сæйраг хъуыддагыл куынæуал фæуæлахиз уай. Сæйраг хъуыддаг та у зæх- кусæг лæгæн зæххы куыст, хор. Афæдзæй-афæдзмæ дын куы фæкуса æмæ йæ бинонтæ та æлхæнгæ къæбæрæй куы цæрой, уæд дып дыккаг аз ницыуал ком ратдзæн. — Бузныг де ’ргом ныхасæй. — Байхъус дарддæр. Мæн ма ноджыдæр иу хъуыд- даг дисы æфтауы. Ды—Ирыстоны зындгонд заводы сæйраг инженер Алæджыхъоты Солтаны иунæг фырт, ныууагътай горæты, куыд фæзæгъынц, дæ хъаны цард,. дæ мад, дæ фыды, чи зоны, дæ уарзоны дæр æмæ фæ- лыгътæ... — Æрцыдтæн! — бараст æй кодта Хазби. — Фæуæд афтæ дæр. Æрцыдтæ хохаг хъæумæ, тыхсг адæмæн цард аразынмæ. Цæмæн? Цы тых дын ныууа- дзын кодта дæ горæттаг удæнцой цард æмæ дæ ахæм уæззау зилдухæнты цы баппæрста? Æвзонгдзинадьг сæнттæ? Романтикæ? Ам ныртæккæ уыдон нæ бабæз- дзысты. Ам хъæуы куьГрыхон лæджы зонд, нæртон лæ- джы хъару*. Иугæр адæмы райхъал кодтай, базмæлы- дысты, дæ фæдыл ацыдысты, уæд сæ хъуамæ ма фæса- йай, фæлæ Данкойау сæ разæй судзгæ цæуай фæстаг туджы æртахы онг. Хатыр ме ’ргом ныхасæн, фæлæ дæ^ уæн уый бæрц тых цы дæтты? — Адæмы уарзондзинад. Телефон дзæнгæрæг ныццагъта. Хазби хæтæл систа’. — Æри-ма йæ, æри, хорз чызг. Антонинæ Филип- повнæ, хæххон колхозæй дын зæрдиаг салæмттæ. Чи, зæ- 69)
тъыс? Дæхæдæг ма мæ базон, горæтæй хохмæ йæ сæр чи «фесæфта?» О-гъо, базыдтай мæ. Бузныг. Цы хуызæн дæн, зæгъыс? Раст хæххон лæджы хуызæн. Директор уæхимæ нæй? Дæ уæлхъус лæууы? Гъæ, Тепсарыхъо, гъай-гъай, лидзынвæнд скодтон æмæхсæвæджы, кæд ма мæ дæ заводмæ кусынмæ айсдзынæ, уæд. Бузныг, бузныг, дыууæ боны куынæма дæн, уæд сæкæр дæн, цæ- .мæй мын тæрсыс. Тепсарыхъо, де ’ххуыс мæ тынг зæр- диагæй хъæуы. Цы куы зæгъай, уæд заводы кæрты цы трансформатортæ джиуы, уыдонæй мын иу куы рауæл- дай кæнис. Тынг æхсызгонæн мæ хъæуы. Цы? Æр’тæ дæр? Æмæ иæм уый бæрц æхца кæм ис. Мæгуыр колхоз у. Уæдæ куыд? Æцæг?-Оу, дæ цæрæнбон бирæ уа. Кæд сæм бацæуон? Бузныг, стыр бузныг. Салæмттæ заводы яоллективæн иууылдæр. Иæхиуæттæн зæгъдзынæ, сæ .зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Хазби хæтæл сауыгъта æмæ исдуг тыхурæд кодта йæ диндзинад. — Цы дам? — афарста Хаджумар. — Иу нæ, æртæ трансформаторы, æртæ дæр — лæ- вар! Иу балансæй, дам, сæ иннæмæ сфысдзыстæм. Фæ- лæ сæ куыдæй æрбаласæм? — Хетæджы Машинæйæн Цъалафæндаг зымæг æх- тæд никуы уыдис. — Уый та ноджы хуыздæр. Ныртæккæ йæ феныи хьæуы æмæ сæм тæккæ райсом ацæуæм ласынмæ. — Куыд кæсын, афтæмæй райсом телы хъæдтæ ла- ■сынмæ дæр цæудзыстæм? — йæ бынатæй сыстгæйæ, за- тъта Хаджумар. — Сомбон æнæбакæнгæ цы куыстæн нæй, уый цас раздæр бакæнай, уый бæрц хуыздæр. Цом, клубы адæм- мæ бакæсæм æмæ семæ баныхас кæнæм. # * * Фесæфт йæ удæнцойдзинад Мæргъиты Дзиуæн. Æрæ- джиауы онг дæр ма йæ дардыл æддæгуæлæ хæдзæрт- тæй рухс кодта йæ зæрдæ. Уæвгæ дзы чысыл нæй, лæг дзы йæ цæст цæуыл æрæвæрдтаид, ахæмæй. Иæ чызг Асинеты уатмæ бакæс, уæд зæгъдзынæ: ай у зæдты ба- дæн. Царæй зæхмæйы дæргъæн, стæй стыр уаты пъо- лыл дæр фæрсæй-фæрстæм гауызтæ.. Астæуæй зырнæй- зылд къæхтимæ стъол, гардероб æмæ буфет, дыууæ 70
гардероб куы бакæнай, — дæ цæстытыл ныххæцдзынæ: царциаты диссæгтæ, кæцæй æмæ цæмæй фелхæдта амæй-Яи зынаргъдæр дарæс! Буфеты — тæккæ -. зы- наргъдæр алыгъуызон сервизтæ. Сæ агуывзæтæ кæрæ- дзийыл куы бамбæлынц, уæд сæ уаззæлланг исдуг фæ- ризы уаты къуымты. Сынтæджытæ æмбæрзт теуайы хъуыпæй æууæрст нывæфтыд хъæццултæй. Уаты дыууæ рудзынджы æхсæн царæй зæхмæйы дæргъæн айдæн лæу- уы чысыл стъолыл, йæ фæйнæфарс — чысыл тумбочкæ- тæ. Æрмæст уат кæд Асинеты ном хæссы, уæддæр хуыс- гæ æндæр ран фæкæны. Ацы æфснайд уаты иу дзаума- мæ никуы февнæлдæуыд. Уый цæттæйæ æнхъæлмæ кæ- сы Асинеты сомбоны къайагмæ. Чи уыдзæн, уый нæдæр Асинет зоны, нæдæр Дзиу. Бакæсæм æххæст Дзиуæн йæхи уатмæ дæр. Йæ цæ- рæнбонты йæ уæлæ ног цухъхъа никуы скодта, йæ уæхс- джытыл хуымæтæджы нымæт никуы æрбаппæрста, йæ къах æрчъийæ дарддæр цырыхъ никуы федта. Фæлæ ныр ацы уатмæ бакастæ, уæд ам дæр — гауызыл зæронд дамбаца, æхсаргард æмæ хъама — сæ дыууæтæ дæр дзуарæвæрд. Сау бухархуды бынмæ ауыгъд ирон цухъа æд куырæт, пъолыл хром сæракæй сау цырыхъытæ. Фæлæ ацы къулы фидыц уæддæр сты, сыгъзæрин доныт^ылд •æвзист рæхыс цы стыр дзæбидыры сыкъатыл баст ис, уыдон. Райгонд у Дзиу йæ цардæй. Арæх æм вæййы уазджы- тæ дæр, суанг хъæусоветы сæрдар йæхæдæг дæр. Фæ- лæ йæ иунæг чызгæн, сæ хæдзары та минас ис, зæгъгæ, уый кой ма скæн æмæ йын фæлтау йæ къубал ракæн. Иуæй-иу хатт сæм фæзыны ахæм уазджытæ дæр, æмæ дыууæ куы баназынц, уæлдайдæр Дзиуы бадт арахъ- хъытæй, уæд скарк вæййы’нц. Иутæ дзы цывзыйы хуы- зæн басырх вæййынц. Æххормаг бирæгъ уæрыкмæ куыд кæса, афтæ сæ зыд цæстытæй аныхъхъуырынмæ фæхъавынц Асинеты. Гъе, та æрæмысынц кафын æмæ сæ алчи дæр фæтырны Асинетимæ акафынмæ. Кафт ахæццæ вæййы æмбисæхсæвмæ, стæй уазджыты ацыды фæстæ фынгтæ æфснай, къустæ æхс, сæрф æмæ сæ сæ быпæтты æвæр. Иунæг таукъоппайæ цасыл хъуамæ ах_ хæсса! Фыццаг кæркуасæнтæм æфснайд нæ фæвæййы. Райсомæй куыстмæ тынг фæлладæй фæзыны, афтæмæй йæ рынчынты фæисы. 71
Тынг сфæлмæцыд Асинет йæ цардæй. Фæлæ куыд ныууадза йæ фыды хæдзар? Адæм ыл худинаджы за- рæг скæндзысты. Йæ куыстæй сæхимæ цæуыны бæсты йæм, æвæццæгæн, зындонмæ ацæуын æнцондæр фæкæ- сид. «Æнæхаир фæуой ацы усгуртæ дæр, иу зæрдæмæ* дзæугæ дзы уæддæр куы фæуаид. Фæлæ цыдæр дæлæ- сингæндтæ сты æмæ ацу ахæмимæ дæ цардæй зындон сараз». Æрæджийау ма фæсмон бæргæ кæны, институты лæппутæй йыл иу зæрдиагæй дзырдта, фæлæ йæ ской дæр нæ бауагъта. Цæмæн дæр æм афтæ каст, цыма йæ сайгæ кæны. Стæй йæм фæстаг хатт æрбацыд æмæ йын загъта: «Уæдæ мæ рыст зæрдæйы тæригъæдæй ды амонд никуы ссардзынæ. Æз райсом курын ус». Бафидыдта институты чызджытæй кæйдæримæ. Ахаста йæ йæ фæр- ныг хæдзармæ. Æрмæстдæр уæд бахъардтой лæппуйы æнувыд ныхæстæ Асинетмæ. Ныр æгæр-æгæр куы батых- сы, уæд йæхинымæры йæхи фелгъиты: «Афтæ дын хъæ- уы, æдылы къоппа, нæ дæ хъуыд удыгагайы хуызæн лæппу, цу ныр, уыцы дæлæсинтæй искæмæй смой кæн»... Афтæ арæх, æрхæндæг зæрдæйæ, мидхъуырдухæн кодта Асинет. Йæ сомбоны цард æм каст тар. мигътæй æм- бæрзтау. Ныр а-фæстаг бонты, Алæджыхъоты Хазбийы æрцыл æмæ уый хъуыддæгтæ фехъусгæйæ,, йæ мид-зæрды цы- дæр æбæрæг ныфс фæзынд. Лæппуйы нæма федта, фæ- лæ йын æй йæ цæсты афтæ сыстыдтой æмæ-иу йæхины- мæры сдзырдта: «Тæхуды, уый уæддæр куы уаид мæ хъысмæтæй нывондгонд мæ сомбоны амонд». Фæндцл æй, дардæй йæ уæддæр куы фепид, фæлæ йæхи урæдта. Архайдта, цæмæй йыл æнæнхъæлæджы ма фембæла. Барæй нæ ацыд клубмæ дæр, кæд æй чызджытæ бафæ- дзæхстой, изæры-иу хъазтмæ æнæрцæугæ ма фæу, æма1 дæ нæ диссаджы сæрдаримæ базонгæ кæндзыстæм, уæд- дæр. Асинетмæ афтæ каст, æмæ Хазби иугæр хъæубæсты хæдзæрттыл зилы, бæрæг кæны алкæй дæр, уæд абон уа, æви сомбон, хъуамæ æрбацæуа махмæ дæр, зæгъгæ. Хазбийы æрбацыдмæ тарæрфыгæй æнхъæлмæ каст Дзиу дæр. Хъæубæстæн цæйбæрц æхсызгон уыд сæрæн сæрдары фæзынд, Дзиуæн та уыйбæрц , хъыг уыд. Дзиу — кæддæры цæсгомджын кусæг, намысджын кол- хозон, каст æмæ уыдта, бонæй-бонмæ сæ колхоз сæфт- мæ кæй цæуы. Арæх куысты рæстæджы бонасадæн чи 72
кодта, уыдонимæ-иу самадта загъд-замана. Фæлæ йæ загъдæй ницы цыди. Бон-изæрмæ-иу уый йæ хиды йæ- хи надта, ,,стæй-иу фæззæг райста магусаты æмбæри цыдæр муртæ. Иæ фырттæ æмæ йæ чызг уыдысты ахуы ры фæндагыл, уыдонæн хъуыд æххуыс æмæ уый та йæ- ус æмæ йæхи фæдарынхъом дæр тыхæй уыд. Иу зымæг йæ ус тынг фæрыичын. Дохтыртæ йын йæхицæн æрго* мæй загътой, ахæм низы ныхмæ нырма хос не ссардæ- уыд, зæгъгæ. Зымæджы фæстаг бонтйиæ бавæрдта. Баззад иунæг таукъоппайæ Дзиу. Иæ зæрдæ ницæмæй- уал рад. Дыккаг амонд агурыныл нæ тагъд кодта. Хуы- цау йæ зонæг, цы хуызæн фæуыдзæн, зæгъгæ. Мæ сы- вæллæттæ та нырма сæ ахуыры фæндагыл сты. Гъе, æмæ гъеуæд колхозы куыстыл систа йæ къух. Райдыдта Æнгузджыны хъæуæй горæтмæ æккойæ æнтъухын. Стæй æнтъыхта — йæ къухы цы ’фтыд— æппæт дæр — рай- дай хæдзарон дыргътæй хъæддаг дыргъы онг. Фæзынд æм æхцатæ. Уæдæ æккойæ цас фентъухдзæн, зæгъгæ, балхæдта бæх. Базар ссис йæ уд, йæ дзæцц. Зымæг æм дзоныгъыл ласта йæ уæййæгтæ, сæрд — уæрдоныл. Базармæ цыд дзаг уæргътимæ, фæстæмæ — дзаг æхца- донимæ. Сыскъæрдта æддæгуæлæ хæдзæрттæ. Цалдæр хатты йæ горæты милицæ суиллæг кодта, æдзух дæ ба- зары куы уынæм, уæд ма кусгæ та кæд фæкæныс, зæгъ гæ. Йæ раздæры намысджын колхозопы хъуыддæгтæ йæ фервæзын кодтой. Фæлæ базарыл йæ къух систа. Балхæдта сыл къамбецтæ æмæ уæдæй фæстæмæ йе ’фти- æгты суадон сси хъæд. Хъæд — быдырмæ, амæй-ай хуыздæр дзаума — хохмæ. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ- уыдта хъæусоветы хицау, фæлæ йæ нæ хъыг дардтой. Бахъуаджы сахат йæхицæн дæр æмæ йæ уазджытæн дæр Дзиу уыд лæггадгæнæг. Ныр йе ’намондæн Æнгуз- джыны хъæумæ фæзынд, колхозы хъуыддæгтæ чи сфæй- лауа, адæмы чи райхъал кодта, ахæм адæймаг. Æмæ тарсти. Йæ уоны дзы рагацау мигъ бады, йæ хъуыддæг- тæ йын куы базмæнта. Тæрсы ма дзы ноджыдæр уымæн, æмæ районы æрвыст нæу, фæлæ областы. Гъай-гъай, Хазбийы æрбацыдмæ Мæргъиты’ хæдзары æнхъæлмæ кастысты фыд æмæ чызг. Фæлæ сæ алчидæр уыцы фембæлдмæ æнхъæлмæ каст йæхирдыгонау. Сæ- иуы уæнгты уагъта цыдæр æнтъыснæг тас, иннæйы зæр- дæйы—цыдæр æбæрæг ныфс... 73'
* * * Знон æрыздæхт Хазби горæтæй. Кæд иу/’чысыл ба- мæстджын, уæддæр йæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ ацы- дысты. Æппæты фыццаг Хетæгимæ æд машинæ балæу- увдысты заводы кæрты. Хъахъхъæнæг куы федта, æнæ- зонгæ шоферы фарсмæ Хазби бады, зæгъгæ, уæд дыууæ ^дуары дæр уæрæх бакодта. Хазби кабинæйæ æргæпп кодта æмæ зæрдиагæй нылхъывта хъахъхъæнæджы къух. Уайтагъд Тепсарыхъойы кабинеты смидæг. Уым •баййæфта йæ фыд Солта^ны дæр. Тынг ыл бацин кодта Тепсарыхъо. Атыхст йæ фыды хъуырыл дæр. — Кæрдзын дын нæ хæрын кæнынц, æви цæй мæллæг сдæ? — хъæлдзæгæй йæ афарста Тепсарыхъо. Солтан та йыл аивæй æрхаста йæ цæст. Бæлвырд фæмæллæг- дæр, фæсаудæр йæ фырт, фæлæ цыма æлвæстæй ноджы хуыздæр рафидыдта, афтæ йæм фæкаст. — Солтан, трансформатортæ йæ -хъæуы. Дæ фырт хæхбæстæм рухс уадзынвæнд скодта. Куыд цæуынц дæ хъуыддæгтæ, истытæ ма нын радзур? — бафарста йа Тепсарыхъо æмæ йе стыр стъолы фарсмæ кнопкæ æрыл- хъывта. Æрбацыд бæзджынтæгомау, æнафоны уæлдай бирæ фыдтæ кæуыл разад, фæлæ æвзонгдзинады хаты- рæй кæй фæбыхсынц, гуыры кондæй, цæстæй, былтæй, иууылдæр худгæ чи кодта, ахæм сылгоймаг. — Пелагея Андреевна, уæртæ кæрты цыдæр зæронд трансформатортæ — æртæ, — Хазбимæ йæ цæст æрны- къуылдта Тепсарыхъо, ома сæ дæхæдæг хорз зоныс, ца- вæр сты, уый, — нæ балансæй сфысс æмæ сæ адæтт, — Тепсырыхъо бакаст Хазбимæ. — Æнгузджыны хъæуы «Сæуæхсиды» колхозмæ! — бамбарын кодта.Хазби. — Æрмæст рæвдздæр, дард бæлццæттæ сты æмæ иу чысыл баулæфой. Цалынмæ Пелагея Андреевна балансæй балансмæ трансформатортæ ивтаид, уæдмæ Хазби айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ областы энергохызæджы хицау Амыр- ханы кабинеты смидæг. Уый кæйдæримæ ныхас кодта æмæ Хазбийæн бандонмæ дæр нæ ацамыдта. Стæй йæ куы равдæлд, уæд æй афарста: I — Лæппу, мæнмæ æрбацыдтæ? — бафарста йæ уый. — Æз дæн Æнгузджыны хъæу «Сæуæхсид»-ы кол- хозы сæрдар Алæджыхъоты ^Хазби. 74
— Æмæ дæ зымæджы тъæнджы цы ’рхаста? — Рухс нæм нæй, фæнды нæ, цæмæй нæм рухс ба- уадзат. Амырхан дызæрдыджы каст бакодта Хазбимæ, зæгъ гæ, иууыл йæхимæ сты, æви цытæ дзуры... — Зымæджы тъæнджы, уый дæр хæхбæсты, рухс уадзут уæхимæ? Æмæ, æниу, кæм ис трансформатор, кæм сты уæ телхъæдтæ? Кæнæ уæм сæрды тæккæ æм- бис куы уагътам, нæ арæзтадон æрмæг ма ныр дæр уым куы джиуынц, уæд кæм уыдыстут? Хазби сабыргай бамбарын кодта, иу трансформато ры бæсты æртæ кæй самал кодтой, уый тыххæй. Тел- хъæдты уавæр кæд нæ зыдта, уæддæр загъта, цæттæ сты уыдон дæр, зæгъгæ. — Мæнмæ, зымæджы хæхбæстæм рухс чи бауадза, ахæм монтертæ нæй. Мæнæ нæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæнæм. Хазбийæн йæ бирæ лæхстæтæй куыницы цыди, уæд телефон систа æмæ цыдæр номыртæ æрзылдта. Уай- тагъддæр хæтæлæй райхъуыст бæзджын хъæлæс: — Владимир Владимирович, Æнгузджыны хъæуы «Сæуæхсид»-ы колхозы сæрдар дæ хъыг дары. Бузныг. Мит? Суанг — уæрагмæ. Архайæм, цы нæ бон у, уый. Горæты дæн. Ныртæккæ мæ не ’вдæлы, фæлæ мын фа- дат куыддæр фæуа, бауайдзынæн дæм. Колхоз? Афтæ мæм кæсы, цыма уæ нæ фæхудинаг кæндзынæн. Влади- мир Владимирович, иу чысыл хъуыддаг. Колхоз самал кодта трансформатор, æрцæттæ кодта телхъæдтæ, скъахта дзыхъхъытæ, фæстаг зæгæлы онг цæттæ сты рухс бауадзынмæ. Фæлæ нæ хъуыддаг уæддæр къуы- лымпы кæны, энергохызæджы иуæй-иу кусджытæ хæх- бæсты зымæджы уазалтæй кæй тæрсынц, уый аххосæй. Раст хицауæн йæ тæккæ раз лæууын. Хъæуы нæ æр- мæстдæр дыууæ монтеры. Амырхан бамбæрста, Хазби партийы обкомы секре- таримæ кæй ныхас кæны. Хъыг ын уыдысты Хазбийы ныхæстæ. Æнæуый дæр сын сæ лæмæгъ куыст æдзух сæ цæстмæ дарынц. Бюройы карз æфхæрд фаронæй ныр- мæ нырма йæ бæрзæйыл уæз кæны. — Табуафси, дæхæдæг аныхас кæн йемæ, — Хазби телефоны хæтæл бадаргъ кодта Амырханмæ. Уый йæ бынатæй фæгæпп кодта. Йæ цæсгом ацъæхтæ-буртæ ис. Цыма йæ хъæлæс аныхъуырдта, уыйау йе скъуыд хъæ- 75
лæсы мыртæй бамбарæн уыд хицæн дзырдты скъуыд- дзæгтæ. Фæлæ уæлдай арæхдæр дзырдта: «Хъу-сын, хорз, аф-тæ». Хæтæл Хазбимæ бадаргъ кодта. Хъуыст хæтæлæй иудзæвгар ныхас, стæй йын Хазби загъта: — Стыр бузныг, Владимир Владимирович! — æмæ хæтæл æрæвæрдта. Амырхан Хазбимæ тыххудт бакодта æмæ йæ афарс- та: — Кæд цæут фæстæмæ? — Тæккæ абон. Амырхан сыстад йæ бынатæй æмæ, æддаг уаты чи бадт, уыдонæй кæмæдæр сдзырдта: — Ныртæккæ Ислам æмæ Гогийы ссарут, кæмдæрид- дæр сты æмæ сæ фæдисæй ардæм рарвитут. Сæ гæххæт- тытæ сын бацæттæ кæнут Æнгузджыны колхозмæ. Сæ куысты æмгъуыд дыууæ къуырийы. Цалынмæ Амырхан йæ монтерты агурын кодта, уæдмæ Хазби фæстæмæ бацыд заводмæ. Иу машинæйыл дзы дыууæ трансформаторы йеттæмæ æвæрын нæ ба- уагъта. Хетæг, æвзæр фæндаг у æмæ цæлхытæ æндæр нæ бауромдзысты, зæгъгæ. Трансформаторты куы ’вæрдтой заводы кусджытæ машинæйыл, уæд Тепсарыхъо æмæ Солтан дæр уыды- сты уым. Бамбæрстой, Хазби куыд фенкъард æртыккаг трансформаторы тыххæй, уый. Директор завхозæн загъ- та, марадз, æртыккаг та иæхи машинæйыл сæвæрут. Ноджы куы базыдта, энергохызæг сын дыууæ монтеры йеттæмæ нæ радта, уæд ма йын афæдзæхста: электро- техникы дæр ын йемæ арвит. Æрмæст сæ бирæ ма бауром, Хазби. Хазбийы цæстытæ цæхæртæ скалдтой. Кусджыты къухтæ исынмæ фæцис. Цехы иу рудзынгæй йæ цæст æрхæцыд Ирæ æмæ Батырыл. Иæ зæрдæ йын цыдæр фелхыскъ кодта. Фæлæ уыцы уавæр бирæ нæ ахаста. Атад, йæ алыварс ыл чи цин кодта, уыдон рæвдаугæ цæстæнгасы. — Табуафси, нырма зымæг у, фæлæ нæм сæрд фæ- зынут. Хорз фысым уын уыдзыстæм. — Лæппу, хæдзармæ æнæбауайгæ ма фæу, дæ мады фен, — афæдзæхста йæ Солтан. 1 Дыууæ машинæйы, æртæ трансформаторы, заводы электротехник Дыгъуызты Сæрæби æмæ^ шофыр Енал- дыхъоимæ рахызтысты заводы кæртæй. Йæ фæндаг ра- 76
кодта Амырханыл. Сбадын кодта, Ислам æмæ Гоги кæй^хуыдта, уыдоны, æмæ сæ сæхимæ балæууын код- та. Иæ мад уым нæ разынд. Уый ма йын æхсызгон дæр > уыд — хъуыддаг æнæцæссыгæй ахицæн уыдзæн, зæгъгæ. Хæдзары къуымты рæвдаугæ йæ цæст ахаста; Бацыд йæ фыды уатмæ, æрбадт фыссæн стъолы фарсмæ æмæ чы- сыл гæххæтты гæбазы тигъыл афыста: «Мæхи Гыцци! Уыдтæн ам. Тынг мæ фæнды дæ фенын, фæлæ дæ не ’рбаййæфтон. Дæн дзæбæх, æпæниз. Æппындæр ма- цæуыл мæт кæн. Æнцон мын нæу, фæлæ Алыккаты Ха- збийæн Дыууæ доны астæу æнцондæр нæ уыд! Хазби». Уайтагъддæр фæцæуæг сты. «Владимир Владимир- овичæн загътон, фæстæдæр дæм бауайдзынæн. Фæлæ гæнæн нæй. Цæуын хъæуы. Фæндаг — даргъ æмæ зын», — фæлæ Хазбийы зæрдæ уыд рухс, рог. Фæндыд æй зарын. * * * Хазби горæтмæ куы ацыд, уæд телхъæдтæ ракæнын- мæ адæмы рахонын бахæс кодта Хаджумарæн. Чидæр- тæ куы базыдтой, Хазби йæхæдæг ам нæй, зæгъгæ, уæд хæццæ ныхас райдыдтой. Чи дзырдта, æнæгалæй кæв- дæстæ цы бийæм, чи зоны, трансформатор туджы аргъ у, уæд неннæ хæстæй нæ хъуырмæ куы стæм. Уыди дзы ахæм дзурджытæ дæр: «æнæ электрохызæджы кусджы- тæ рухс æрбауадзын уæддæр нæ бон нæ бауыдзæн»... Ахæм дзолгъ-молгъо ныхасы фæстæ, чысыл ма ба- хъæуа, хъæдмæ мауал ацæуой. Хаджумар тынг смæсты, Фæсмон кодта, горæтмæ йæхæдæг кæй нæ ацыд. «Гъе- ныр Хазби ам( куы уыдаид, уæд ахæм хæццæ ныхас код- таиккой?» Раст уьщы сахат йæ фæрæт йæ дæларм, афтæмæй колхозы правленийы адæмы ’хсæнмæ кусæн дарæсы æрбацыд Тасолтан. — Бон-сихорафон куы сси, уæд ма цæмæ кæсут, Ха- джумар? Суайæм, алчи дæр нæ йæ дыууæ хъæды ракæ- нæд æмæ фæстæмæ рухсæй нæ хæдзæртты уыдзыстæм. — Мæнæ дзы ’чидæртæ нæ цæуынц, хæццæ ныхас кæнынц æмæ иннæты дæр къуылымпы кæныни. — бам- барын кодта Хаджумар. 77
— Уът та куыд ничи цæуы, — æрбадзырдта Зураб æмæ йæ фырт Гæбаимæ æд фæрæттæ фæраст сты Та- солтаны фæстæ. Сæ фæстæ ацыд Хаджумар дæр. Адæм иугай-дыгай ихсийын байдыдтой. Ныхасы ма баззад иунæг Дзиу. Исдуг джихæй каст, хъæдмæ чи ацыд, уыдон фæстæ, стæй теуайау иуварс ачъыгъытт кодта æмæ сæхирдæм фæцæуæг. Хъæддзаутæ ракодтой нæзы хъæдтæ. Бастыгътой сын сæ цъар, ныссыфц сæ кодтой æмæ сæ æрластой. Æртиссæдз телхъæды кæрæдзи фарсмæ фæзы адаргъ сты. — Адон дзы, цæмæй хъæумæ рухс æрбахæццæ уа, уый фаг! — загъта Хаджумар. — Райсом не ’ппæты хъæдмæ цæуыны сæр ницæмæн хъæуы. Нæ иутæ ракæн- дзысты, уæлæмхасæн ма нæ цы телхъæдтæ хъæудзæн, уыдон, иннæтæ ацæуæнт дзыхъхъытæ къахынмæ... Уæззау уыди Хазбийы фæндаг. Изæрæй стыр тъы- фылтæй уарыд мит. Стыр асфальт фæндагæй хæхбæсты ’рдæм куы азылдтой сæ машинæтæ, уæд райдыдтой Хе- тæджы хъизæмæрттæ. Мит æрæхгæдта фæндаг æмæ кæд нарæг комы фæдзæгъæлæй тас нæ уыд, уæддæр тæссаг уыд æндæр хъуыддаг. Къахдзæфæй-къахдзæфмæ æмбæлдысты дуртыл, къæйтыл. Тæссаг уыд машинæйы цалх дурыл скъуырынæй. Ахауын æй кодтаид æмæ уæд баззадаиккой цъалайы. Уыцы тасдзинад æмбæрстой ин- нæтæ дæр æмæ радгай-дыгай лæгæрстой уæрагмæ ми- ты, уæлдайдæр та Хазби æмæ Сæрæби. Эиергохызæджы дыууæ монтеры цыдысты ацы фæндагыл хъуынджын æрфыгæй. Фæлæ, мыййаг, куы суазал ой, зæгъгæ, иу ран сæ Хазби фездæхта дуканимæ æмæ нæ бацауæрста йæ уазджыты хорз фæхынцыныл. — Нæхимæ дæр мæ бæргæ фæндыд, фæлæ иугæр мæ мады хæдзары нæ баййæфтам, уæд, зæгъын, æгæр куы байрæджы кæнæм. Гъемæ, гъеныр, табуафси, уæ зæрдæ цы зæгъы, æфсæрмы мацæмæй кæнут. Банызтой иууылдæр, суанг шофертæ дæр фæйнæ арахъы. Дарддæр фæндаг уыд ноджы зындæр. Фæлæ ныр раззаг машинæйæн развæдсгарæг цыдысты Ислам æмæ Гоги дæр. Уыдон зыдтой, цавæр фæндагыл цыды- сты, уый æмæ рагацау резинæ цырыхъытæ скодтбй, тæ- нæг доны-иу æнæфыдбылызæй ахызтысты. Æвзæрдæр уыд Хазби æмæ Сæрæбийы хъуыддаг. Уыдоиыл ахæм къахы дарæс нæ уыд æмæ сæ къæхтæ 78
схуылыдз сты. Æмбисæхсæвмæ æввахс баздæхтысты машинæтæ Æнгузджыны хъæуырдæм. Æхсæв иууыл- дæр баззадысты Хетæгтæм. Уыцы æнафоны Хетæджы мад фестад æмæ сын фынг ацæттæ кодта. Фæлæ фæллад адæмы сæ уæнгтæ ластой хуыссæнмæ. Хетæджы мад куы базыдта, Хазбийы къæхтæ хуы- лыдз сты, уый, уæд ауад, æддейæ мит æрбадавта, æмæ йæ кæд Хазби нæ уагъта, уæддæр ын йæ къæхтæ ми- тæй феууæрста. Къæхтæ дзæбæх куы ссырх сты, уæд сæ хисæрфæнæй ныссæрфта, стæй йын сæ дыккаг уагъд арахъæй фæсæрста æмæ йын сыл уый фæстæ къуымбил цъыидатæ скæнын кодта. Райсомæй Хазби дæр æмæ иннæтæ дæр сæхи дзæбæх хатыдысты. Уайтагъддæр хъæубæстыл айхъуыст, зæгъ- гæ, Хазби иу трансформаторы бæсты æрласта æртæ æмæ йемæ æркодта техниктæ æмæ инженерты. Хъæуы цъиу- змæлæг нал баззад,- иууылдæр уадысты колхозы прав- ленимæ. ^ Знон телхъæдтæ кæнынмæ цæуыны рæстæджы цы къуылымпыдзинæдтыл фембæлд, уыдон ын цыбыртæй æрхабар кодта Хаджумар. _Куыстхъом адæмæй, дам, æрмæст иунæг Дзиу нæ рацыд. Уæддæр та Дзиу. Тагъддæр æй базонын хъæуы, цы маргъы мыггаг у, уый. Æмæ та Хазбийы зæрдыл æрба- лæууыдысты, айфыццаг ын Хетæг цы радзырдта Дзиу æмæ йæ рæсугъд чызг Асинеты тыххæй, уыцы ныхæстæ, Асинеты коймæ йæ цæстытыл ауад, знон æм заводы цехы рудзынгæй Ирæ куыд каст. Уый та дын уарзон. Æндæр ма уæд, кæд мæнæн уарзон никуы уыдис. «Æз æрмæст- дæр смой кæндзынæн горæттаг лæппуйæ. Хъæуккаг лæп- пу, паддзахы фырт куы уа, уæддæр мæ нæ хъæуы...» Æддейæ адæм æнхъæлмæ кастысты, цы сын зæгъ- дзæн Хазби, цы кæнын хъæуы дарддæр, зæгъгæ. Хазбь йæ уазджытимæ рацыд адæммæ. Дысоны хъызты фæс- тæ рог судздза уазал æлхысчъытæ кодта рустæ. Адæ- мыл йæ цæст ахаста, раарфæ сын кодта. — Бузныг уе ’ппæтæй дæр, уе зноны цæсгомджын куысты тыххæй. Мæнæ ацы æмбæлттæ фæзындысты рухс æрбауадзыны тыххæй. Гъеныр нæ лæгдзинад æмæ нæхæдæг. Иу минут дæр дзæгъæлы бадæн нæй. Хъæуы нæ трансформат^рæн агъуд саразын, телхъæдтæ саху- рын æмæ’ уыдонæн дзыхъхъытæ скъахын. 79
— Æртæ трансформаторæй цы кæнæм, дыууæйы дзы -ауæй кæнæм, иуæн агъуд дæр æнцондæр аразæн у. — Уый гæнæн нæй. Холлаг сын нæ хъæуы. Сæвæрæм æртæйы дæр. Æрмæст хæдзæртты рухсыл дзырд нæ цæуы. Фидæнмæ рухсытæ уадзын хъæудзæн фосы, мæргъты фермæтæм дæр æмæ та уæд ногæй халгæ æмæ аразгæ кæндзыстæм? Хъæубæсты адæм,æй чидæртæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, сæ цæст æрныкъулгæйæ, ома, иубонон митæ чи кæны, уыдонæй нæу. Куыст адих кæнæм бригадгай. Иæ куыст раздæр чи • фæуа, уыдонæй курæг дæн, цæмæй иннæтæн баххуыс кæной. Тасолтан, кæцы бригадæ исыс? — Хъæддзауты. — Хорз. Ды та, Гæба? — Уæлдай мын нæу. — Уæдæ райдайут дзыхъхъытæ. къахын. Хаджумар, дзыхъхъытæм телы хъæдтæ ласыны куыст та — дæ бæрн. — Æз та бæстыхай саразын исын мæхимæ. Ахæм диссаг никуыма фендæуыд фæстаг азты Æн- гузджыны хъæуы. Адæмыл базыртæ базад стырæй-чы- сылæй. Сæхи æппæрстой куыстмæ. Астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ куы базыдтой, рухс уадзынц, зæгъгæ, уæд ’хисдæр кълæсты скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджы- тæ фæзындысты æххуысмæ. Дыууæ дихы ’фесты уыдон дæр. Сæ иутæ бæстыхай аразджытæн æххуыс кодтой, иннæтæ дзыхъхъытæ къахтой. Куыст æхсыст цæджджи- нагау. Фыццаг дзыхъы фыццаг телы хъæд куы схъил кодтой æд æфсæйнаг къæдзой æмæ кружкæтæ, уæд æм бирæтæ, табу, дæ бæрзонддзинадæн, зæгъгæ, сдзырдтой. Нæ бадтысты æрттæдæлармæй хæдзары æфсинтæ дæр. Уыдон счъилдысæй балæууыдысты уаларынг æмæ гъæйттæй хыссæ надтой, кодтой уæливыхтæ, æр- гæвстой кæрчытæ. Ирон хæдзары та кæд нæ разыны арахъ! Иудзырдæй, ныррæхыс сты хæдзары æфсинты хуынтæ. Фыццаг бон фесты дзыхъхъытæ къахт, телы хъæдтæ ласт æмæ сагъд, бакодтой сыл, уæдæ, къæдзой- тæ дæр æд кружкæтæ. | Дыккаг бон хъæуы алы хæдзары раз дæр лæууыд телыхъæд. Фæцис арæзт трансформаторы бæстыхай дæр. Монтертæ бавнæлдтой телтæ уадзынмæ. Электро- 80
техник бæстон кодта трансформатортæ. Æртыккаг æмæ цыппæрæм бон телы хъæдтæ ныссагътой хæдзæртты раз... — Хаджумар, Тасолтан, æз афтæ хъуыды кæнын æмæ рухс фездахын хъæуы скъолайы ’рдæм. Науæд рæ- сугъд нæ цæуы. Куыд гæнæн ис, электроны рухс нæм уа,г æмæ нæ сывæллæттæ фæтæгены цырагъы рухсмæ ахуыр кæной. — Зæгъгæ, хур . дæ, уæд дунейæн сфаг уаис, — хъазæндзырд æм баппæрста Тасолтан. — Хуыздæр фæн- дон æрымысæн нæй. — Сæхæдæг дæр, цы сæ бон у, уый феххуыс кæнынц колхозæн, — Хазбийы фæнд фæцыд Хаджумары зæр- дæмæ дæр. Æртыккаг бон скъолайы бæстыхайы онг дæс телы хъæды арæгъ сты кæрæдзийы фæстæ. — Уæ хорзæхæй, телтæ хардз кæнут ауæрдгæйæ. Куынæ сфаг уой, уæд цалынмæ горæтмæ цæуæм æмæ телтæ амал кæнæм, уæдмæ уалдзæг дæр æрцæудзæн. Æрмæстдæр фондз боны. Зымæджы карздæр бонтæй фондз рацыд. Фæлæ Æнгузджыны колхозонтæй рухс æрбауадзыныл чи куыста, уыдонæй уазал никæмæн уыд. Канд уазал нæ, бирæтæ сæ сæ ныхы хид сæрфтой. Фæлæ аулæфон, куыст райсоммæ ныууадзон, ахæм хъуыды сæ никæмæ уыд. Фæндзæм бон изæрæй æппæт дæр уыд цæттæ. Клубы адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Сценæйы дæргъæй-дæргъмæ стъолы фарсмæ бадынн хъæубæсты хисдæртæ, афтæ хъæбатыр саударæг мад Нагъуы, Тасолтан/Хаджумар æмæ иннæтæ. Чысыл иу- варс лæууы Хазби. Клубы æрбахъæбыс кодта изæры фæлм. Хазби кæсы йæ сахатмæ. Клубы бындз куы атæ- ха, уæд фехъуысдзæн йæ базырты хъæр. Адæм æр- хъæцмæ нал хъæцынц. Минуттæ сахаттау ныддаргъ сты. Хазби схъил кодта йæ къух. Адæмыл айхъуыст йæ хъæр: — Баззад ма^дæс секунды. Райдыдтон нымайын: иу, дыууæ, æртæ, цыппар... Бирæтæ сæ бынатæй фæгæпп-фæгæпп кодтой. Куыд- дæр загъта «дæс», афтæ рухс не ссыгъд. Адæм сæ бы- нæтты андзыг сты... Хазбийы сценæйæ ратæхынмæ бирæ нал хъуыд. Цыма йæ ток ныццавта, афтæ фæцис. Фæ- лæ уæдмæ æвиппайды бонау ныррухс клуб, ныррухс сты хæдзæрттæ. Кæсут-ма, кæсут, не скъоламæ дæр, 6. Хацырты С. 1 81
бæсты фидыц нæу! Адæм кæрæдзи хъæбыстæ кодтой. Сæ цины хъæртæ, сæ худтæн кæрон нал уыд. Стæй цал- дæр лæппуйы фæмидæг сты сценæйы æмæ Хазбийы хæрдмæ пуртийау æхстой. Чызджытæй кæйдæр къухы ныййазæлыд ирон фæндыр. Цин æмæ рухсæфсæст, амондджын адæм бавнæлдтой нæртон симдмæ. Æрмæст" дæр бынæй комы цъассы Дзиуы æттæгуæлæ хæдзар аныгъуылд æхсæвы тары. Фæлæ ,ноджы тардæр уыд Дзиуы зæрдæ. Иннæ уаты та йæ чызг Асинеты зæрдæ æхсыдта, колхозы клубæй цы ирон фæндыры цагъд æмæ тыхджын къухæмдзæгъд-хъуыст, уый. * ’* # Карз зымæджы фæстæ ралæууыдысты рæсугъд хъарм бонтæ. Тæдзынджытæй ныллæууыдысты уæл- хæдзæртты миттæ, хъугæмттæ саухъулон адардтой. Хус- сæртты сæрвæттæ сæ фæззыгон дарæс нæмараластой, цæгатварс тархъæды нырма-зымæг йæ кæнон нæма ныу- уагъта. Бонæй-бонмæ комы цæугæдон змæстæй:змæст- дæр кæны. Æртахт уалдзæджы фыццаг минæвар — дзы- вылдар. Хазби хорз зыдта, цы уалдзæг ын уыдзæн, уый. Гæв- зыкк фадæтты гæвзыкк тыхтæй хъуамæ аххæсса æппæ- тыл дæр... Хуым кæнын хъæуы, цас гæнæн ис, уымæй фылдæр æмæ хуыддæр. Афоныл базилын хъæуы дыргъ- щ дæттæм. Иуыл дæр сæ нал ис хуызæнæн кау. Сты гæмт- тæ. Колхозы сæрмагонд къамис хъуамæ ногæй сбæрæг ~ кæна хъæубæсты цæттæдзинад уалдзыгон куыстытæм. Уалдзæг, куыстыты мад у æмæ уыцы бæрндзинад хъуамæ хата алы адæймаг дæр, къух къухæн хъуамæ æххуыс кæна. Рæхысы цæгтау иумæйаг хъуыддагмæ нæ ных саразæм, хæцæм ыл фидар. Трактор хъуамæ куса æхсæвæй-бонæй. Галтыл хуым кæнын хъæуы æрдузтæ. Хетæджы сæрыл куырой разилдзæн, фæлæ æндæр гæ- нæн нæй. Иугæр мит фæсæлæф, уæд горæтмæ хуыздæ- рæй баивынмæ ласын хъæуы нæ мæнæуы тауинаг, нарт- хоры тауинаджы иу хай дæр. 1ч Бады Хазби æмæ йæ чысыл блокноты фыссы, цы бакæнын æй хъæуы, уыдон лыстæггай. Рухс æрбауадзыны тыххæй бар нæ райсгæйæ, ныц- цагътам хъæд. Уый тыххæй йæм дзырдтой районæй. 82
Дæрзæг ныхас кодта йеиæ инструктортæй чидæр, фæлæ йæ уымæ нæма ’вдæлы. Р1æ афоныл дзуапп айсдзæн. Ныр та æнæ искæй æххуыс æмæ зондæй нæхæдæг дæр æмбарæм: хъæд хъахъхъæиын хъæуы. Хъæд нæ царды хос у. фæлæ цухсæн æнæрбауадзгæ нæ уыд. Рухс дæр нæ царды хос у. Гъе, уымæ гæсгæ ныссадзын хъæуы æр- дузтæм æввахс иууыл къаддæрæй мин талайы. Ам нын, чизоны, баххуыс кæна скъола. ’ Йех, цы хорз уаид ацы хуссарварс хъæддаг дыргъ- тыл хорз мыггаг дыргъты къалиутæ ныццаразын. Фæлæ уый къухы зынтæй бафтдзæн. Фенын хъæуы Дзиуы æмæ йæ чызджы. Фыццаджы, цæмæй колхозы базарадон хъуыддæгтæ йæхимæ айса; дыккаджы, цæмæй нæ чызджытæй искæй фæрæвдз кæна медицинон фыццаг æххуысмæ. Куысты æнæцъæррæ- мыгъд гæнæн нæй. Æмæ фыццаг æххуысы тыххæй куыст ма хъуамæ къуылымпы кæна. Фыссы æмæ фыссы Хазби. Куырдадзæй та хъуысы, тугдадзины ритмикон цæфау, хъæсдарæджы дзинг- дзинг. — Æнхъæл дæн, хуысгæ нал кæныс, — дæ раЙсом хорз зæгъыны бæсты правлеиийы дуарæй æрбадзырдта Хаджумар. — Кæмæн, кæмæн, фæлæ æз æмæ дæуæн хуыссыны рæстæг нал у, Хаджумар. Адæм сæ разæй мах уын- дзысты, куы фæтыхсой — махмæ дзурдзысты. Гъе, уы- мæ гæсгæ æппæт дæр рагацау бахынцын, сбарын хъæ- уы. Хазби ацы бонты цæуыл хъуыды кодта æмæ фæ- фыста, уыдон ссонæгау бакодта Хаджумары размæ, иугæр уый куы ’рбадт фыссæн стъолы фарсмæ, уæд. . Хаджумар сыл лæмбынæг йæ цæст ахаста. Мæргъи- ты Дзиуы уонг куы ’рхæццæ, уæд йæ тар æрфгуытæ, уызыны хъистау, абадтысты. — Цыдæр дзы дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Цæуынц мæ зæрдæмæ иууылдæр, иу хъуыддагæй дарддæр. Хъæубæстыл Дзиу йæхи куы атигъ кодта, уæ- дæй фæстæмæ дзы бирæтæ се сæфт уынынц. — Уырны мæ, — цыбыр дзуапп радта Хазби. — Фæ- лæ уæддæр мах сæр Дзиуы уый бæрц нæ хъæуы, Дзиуы сæр мах цæйбæрц хъæуы. Дæхæдæг куы дзырдтай, Дзиу уыд цæсгомджын зæхкусæг. > — Уыд. — О, фæлæ уыцы зæхх уымæн къæбæры бæсты хъы- 83
цъыдæттæ дардта, Æмæ алчи уый нæ быхсы. Нæ йын бабыхста Дзиу дæр. Фæлæ ма кæс, цы курдиаты хи- цау у. — Къæрных у, æндæр æм цæй курдиат ис. — Стыр курдиат, Хаджумар. Æрмæст, уыцы кур- диат ныртæккæ цы æфтиæгтæ дæтты, уый цæуы Дзиуы хæдзармæ æмæ иуæй-иу кусджыты æнæфсис ахсæнтæм. Мæн та фæнды, цæмæй уыцы курдиат раст фæндагыл сæвæрæм æмæ пайда хæсса колхозы хæдзарадæн. Ба- фæлварæм а^й. Стæй хъуыддаг йæхæдæг йæхи амонг дзæн. Кæд нын къух нæ дæтта, уæд мах дæр ам стæм. Гъе, æрмæст мæ уæддæр фæнды, æххуысгæцæг ын иу цæсгомджын, зæрдæргъæвд лæппуйы куы бауромиккам, йæ куысты сусæгдзинæдтæ йын хорз чи сахуыр кæна æмæ йæ бахъуаджы сахат чи баива. — НЭП-ы дуг ралæууыд нæ колхозæн? — бахудт Ха- джумар. — Ленины бацамынд фæндагыл куй цæуæм, никуы фæрæдидзыстæм. Уый колхозы хъуыддæгты æфсон, кол- хозы документты руаджы араздзæн йæхи хъуыддæгтæ • дæр. — Æмæ йын мах уый бар хъуамæ радтæм, нæ? — Хуыздæр гæнæн нын нæй. Æз фарст сæвæрдтон областы хицауады раз, цæмæй йын йæ фиддонты иу чысыл уæддæр фæрогдæр кæной, стæй цы хæстæ дарæм, уыдоныл та ацы дыууæ азы фæгæдзæ кæной. Стæй нæч- къахыл куы слæууæм, уæд бараст уыдзыстæм хицауады раз. Науæд фæллойбоны уæз куы ницы уа, уæд махæн фидæнмæ лæвар ничиуал бакусдзæн. Ныфс мын ба- вæрдтой, фидар ныфс. Бафæдзæхстой финхайады кус- джыты, цæмæй нæ ма бахъыгдарой. Гъе, ’уымæ гæсгæ мах, удыхосау, хъæуы Дзиуы æххуыс. Уадз^ не ’ууæнк- дзинадæй спайда кæнæд иу аз. Уый.хъуамæ ауæи кæна колхозы æппæт дыргътæ, æнгузæй суанг хъæддаг æх- •сынцъы æмæ мугæйы онг. Дзиу хъуамæ ауæй кæна нæ цæхæрадæтты халсар дæр. Горæты базары æрæвæрдзыстæм колхозы дукани. Хетæджы машинæ сæйраджыдæр нывонд уыдзæн колхо- зы æмæ Дзиуы хъуыддæгтæн. Дзиу хъуамæ бамбæрза махæн нæ паддзахадон фид- лонтæ. Æндæр хуыздæр хос æз нæ уынын ацы зын уа- вæрæй фервæзынæн, — балхынцъ кодта йæ ныхас Хаз- би. 84
Уæдмæ ардæм æрбацыд Тасолтан дæр. — Цæй, къамисы уæнгтæ иууылдæр ам сты. Р1еныр сымах æппæт кусæнгæрзтыл ногæй уæ цæст ахæссут. Æз та цæуын Дзиумæ хатæг. — Цæмæй дын йæ рæсугъд чызджы радта? — бацы- мыдис Тасолтан. — Уымæн дзы амонд хъæуы!—хинæйдзагæй загъта Хазби. — Цом, цæуыл дзырдтам, уый дын æз фæндагыл бамбарын кæндзынæн!—йæ бынатæй сыстгæйæ, загъ- та Тасолтанæн Хаджумар æмæ - фæраст куырдадзы ’рдæм. . Мæргъиты Дзиуы хæдзары ’рдæм йæ фæндаг сарæз- та Хазби дæр. * * * Хазби бонæй цалдæр хатты бадзырдта Мæргъиты Дзиуы хæдзармæ: — Уæ, Дзиу, ам нæ дæ, цы? — Æмæ-иу алы хатт дæр райхъуыст хъыхъхъаг куыдзы мæсты рæйд æмæ, йæ рæхыс зæххыл куыд рацæйхæр-хæр кæны, уый. Фæстаг хатт дæр та йын дзуапп куыдз куы радта~, уæд Хазби йæхинымæры сдзырдта: «Дæ хицауы сæр бахæр, кæд Асинеты скъæфынмæ не ’рбацыдтæн». Ра- хъавыд чызтмæ йæ, куыстмæ бацæуын, цæмæй йæ ба- фарстаид, йæ фыд кæм ис, уымæй, фæлæ йæ хъуыды аивта. Кæд, куыд дзурынц, æцæг афтæ рæсугъд маргъ у, уæд æнæмæнг ахъуыды кæндзæн, зæгъгæ, ацы лæппу- йы мæ фыд нæ хъæуы, фæлæ мæ фенынмæ æрбацыд... Хазбийæн та йæ цæстытыл ауад, Ирæ йæм’ рудзынгæй сусæгæй куыд каст Батыримæ. «Æнхъæл дæн, худгæ дæр мыл кодтой»... Хазби йæ чысыл царды фæндагыл йæ цæст ахаста æмæ йæм йæ хъуыды раст фæкаст. Фарастæм къласы куы ахуыр кодта, уæд сусæгæй бауарзта сæ чызджытæй иуы. Сæрды каникулты рæстæджы йæ колхозмæ дæр ахуыдта. Æрдæгцъæррæмыхстытæй йын райхæлдта йæ уарзондзинад. Чызг Симæ хуындис, цыдæр æнахуыр цæстытæй арбакаст Хазбимæ. Мæнæ йеныр дæр, Дзиуы хæдзары цур лæугæйæ, банкъардта уыцы æнгас æмæ йын, розæ куыд рацæйхæла, афтæ, æххæст йæ дæндæг- 85
тæ нæ равдисгæйæ, уæздан бахудгæйæ загъта: «Цытæ дзурыс, Хазби, цафон уарзондзинад’ыл дзурыс! —-йæ уæхскыл ма йын йæ къух дæр æрæвæрдта. — Мах ныр- ма астæуккаг скъолайы фæстæ институт хъуамæ фæ- уæм каст, стæй бæрæг уыдзæн»... Стæй институт нæ, фæлæ дæсæм къласæй чындзы асхуыста. Хазбийы зæрдæйы уæд ахуыссыд фыццаг ху- ры тын. Иæ фыццаг æнкъарæнтæ йын бафхæрдта, дæс азы иумæ кæимæ фæахуыр кодта, уыцы чызг. Дарддæр заводмæ бацыд кусыимæ. Чызджытæ та дзы куыннæ уыд, фæлæ о, ацы Ирæ. Иуæрдæм ацæуа, уæддæр кæс æмæ йæ размæ фæвæййы, иннæрдæм ацæуа, уæддæр — афтæ. Уыимæ йæ дзырдæппарæнтæн кæрон нæ уыд. Райдианы афтæ дæр фенхъæлдта, рог адæймаг у, зæгъ- гæ, æмæ дзы йæхи дæрдты ласта. Фæстæдæр базыдта, чызг рог нæ, фæлæ хъæлдзæг зæрдæйы хицау кæй у. Уарзта, цæмæй йæ хатой усгур лæппутæ.-Æввахсдæр æм балæууоп, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæм Ирæ та йæ чъылдым фездæхта æмæ Батырыл атъæпæн. Хазби кæд уымæй размæ æнхъæл нæ уыд, ацы чыз- джы тыххæй искуы мæ зæрдæмæ ныккæсдзынæн,^ зæгъ- ^гæ, уæд ын ныр æгæр дæр базмæлын кодта йæ уарзон- дзинад. Агуырдта æппæт амæлттæй дæр Ирæимæ фем- бæлыны фадат. Æмæ цас йæ къухы не ’фтыд, уыйбæрц йæхицæн бынат нал ардта. Стæй йæм иу хатт æрбацыд æмæ йын æргомæй загъта: «Дæ сæрæн низ ма кæн. Æз æндæрæн дзырд радтон»... Цыма йыл цъыф æрбакалдта Ирæ, афтæ фæцис Хазби. Уæдæй фæстæмæ чызджытæй йæхи дардмæ ласы, æвæццæгæн мæ ацы хъуыддаджы амонд нæ фæци, зæгъгæ. — Нæ, нæ, фæлтау Дзиуы изæры бабæрæг кæндзы- нæн, — загъта йæхицæн æмæ ацыд. Бонизæрмæ бæрæг- кодта йæ хæдзарады хъуыддæгтæ. Æхсæвы бауад куыр- дадзмæ дæр. Гæба æмпъызта кæйдæр бæгæныфыцæн цæджджинаг. Хазбийы куы ауыдта, уæд æм бахудт, йæ куыст фæуадзгæйæ. Къуымы рæгъ-рæгъы лæууыды- сты чысылдæр æгтæ. — Цæрын мæ нал уагътой æмæ сын цы кæнон, уæ- дæ,— йæхи растгæнæгау дзырдта Гæба. 1 — Хаджумар æмæ дæм Тасолтан уыдысты? — Уыдысты. Уæ иубонты фиппаинæгты фæстаг сынк скодтон знон изæрæй. Иеныр адон, — æгты ’рдæм аца- мыдта Гæба, — æрмæстдæр сæ куырдадзы кады тыххæй 86
райстон. Уадз æмæ афæдзы алы афон дæр куырдадзы дзинг-дзинг хъуысæд. Æндæр æз кæцæй цы ратононы лæг нæ дæн. Ахæм адæмæй ме сæфт уынын. Нæ дæ уы- рны, сæ хицæутты сын бафæрс. — Цытæ дзурыс,^Гæба? Мæ зæрдæ дыл куы ницæ- мæй худы. . — Хазби, æз ахæм хъуыддæгты мæ фыды дæр не ’мбарын. Кæд æрдзы закъæттæй йæ фырт дæн, уæддæр нæ фæндæгтæ хицæнтæ сты. Райдианты мыл куырой æууæндыд. Æхсæвыгæтты дæр мæ-иу арвыста. Фæлæ- иу райсомæй йæ улупа куы федта, уæд-иу йæхи^ныхъ- хъуынтъыз кодта. Уый фæстæ куы "базыдта, æз дзы бирæтæй ссæггаг нæ истон, уæдта мын алывыдфæкалд- та. Уæдæй фæстæмæ мæ куыройы æмгæрон налауагъ- та, фæлæ уый ницы кæны. — Къостайы ныхæстæ база- рæгау кодта: — Йæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр... «Кæсыс, алы адæймаджы дæр цас ис удыхъæды хæрзиуджытæ», — йæхинымæры ахъуыды кодта Хазби. Æддæмæ куы рахызт, уæд арвыл йæ цæст ахаста. Афтæ æнафон рæма уыд. Фæлæ хъæутæ, горæттимæ абаргæйæ, изæры раздæр схуыссынц, райсомæй та раз- дæр стынц. Стæм х’æдзæрттæй ма калд рухс, иннæтæ, хосы цъынатау, зындысты дардмæ. Мынæг рухс калд Мæргъиты Дзиуы хæдзарæй дæр. «Гæбаимæ æгæр афæстиат дæн. Чи зоны, ацафон аив нæу, фæлæ цы бæрæг ис, райсом дæр та хæдзары уы- дзæн уыцы хъæды рæмпæг. Нæ, абон æй абæрæг кæ- нон. Цы уа, уый уæд! Зæгъдзынæн ын, боны дæр æм цалдæр хатты кæй уыдтæн, уый. Хазби араст Дзиутæм. Иу фæзилæны йæ хъустыл ауад уисы цъæхснаг цъыкк æмæ адæймаджы æмыр хъæр. Хазби чысыл банхъæлмæ каст. Ногæй та уисы нъыкк æмæ Дзиуы ныхас. Лæппу бамбæрста, Дзиу уæз- зау цыдæр ласы йæ къамбецтыл, нæ йæ фæразынц æмæ сæ уисæй схойы. Иæ тæккæ рæзты æрбаивгъуыдта Дзиу æд къамбецтæ. Уыдон ластой, айфыццаг ыл куы фем- бæлд æд къамбецтæ фæндагыл, уæд цы хъæд ласта, уы- мæй стырдæр æмæ даргъдæр хъæд. Дзиу, ома Хазбийы нæ базыдта, уый зæгъæн нæй. Иæ хинæйдзаг цъæх цæстытæй тар коммæ йæ амæтта- джы милмæ исы. Фæлæ йын хъыг уыд, ахæм уавæры, йе уæнгты мигъ кæмæй бады, ууыл фембæлын. Исдуг 87
æм хардзау дæр фæкаст. Уæлæ уæлейæ куы цæры, уæд ам мæ хæдзары цур цы ми кæны. Цыдæр хъуыдытæ йæ сæры фæмидæг, йæ чызгмæ фехсайдта йæ зæрдæ, фæлæ сæ уайтагъд федде кодта. — Дзиу, — йæ фæстæ адзырдта Хазби. — О-гъо-гъо! — йæ къамбецты бауромгæйæ, æрлæу- уыд Дзиу. — Ном мыл кæд не ’вæрыс ацы æнафо- ны? — æрбацыд Хазбийы цурмæ. — Мæ хонæг дыл кæм амбæлд? — Хонгæ кæй кæныс, уыдон номхыгъдмæ нæ хауын æз! — цæхгæр æй алыг кодта Хазби. — Демæ мæ ныха- саг ис. — Бон ныл нал кæны! — дæрзæг дзуапп радта Дзиу дæр. — Уыдтæн дæм боныгон дæр, æртæ хатты,, фæлæ... — Цы дæ хъæуы? ’ — Къамбецтæ тæригъæд сты. Дæ ласинаг балас, суадз сæ, æз дæм ам банхъæлмæ кæсдзынæн. — Æгомыг фосæн тæригъæдгæнджытæ свæййынц иуылдæр, фæлæ зæххыл цæрæг адæймагыл чъыртт дæр ничи кæны! — йæ дзыхæй маргæмхæццæ скалдта Дзиу. — Нæ дæ ’мбарын, цæмæн хыл кæныс мемæ? Цы аххосджын фæдæн дæ разы? — Цом мидæмæ æмæ йæ бамбардзынæ! — цæхгæр алыг кодта Дзиу æмæ фæцæуæг. Хазби исдуг аджихау, стæй уый дæр ацыд Дзиуы фæстæ. Чызг, рухс ма радар, зæгъгæ, адзырдта йæ чызгмæ. Асинет фæтæгены цырагъ радардта уæллаг æддæгуæлæ-* йæ. Дзиу дæргъæй-дæргъмæ кæртмæ баласта хъæд. Куыдз, Хазбийы ауынгæйæ, бæстæ йæ сæрыл систа, фæ- лæ йыл Дзиу куы фæхъæр кодта, уæд ныхъхъус. — Рахиз, ма дзы тæрс! — Хазби æрбахызт кæртмæ. Цырагъы ’рдæм скаст æмæ сæры тылдæй салам радта чызгæн, стæй Дзиумæ кæсæг йæхи скодта. — Иу къамбец дзы ма суæгъд кæн, горæттаг, науæд дæ къухтæ счъизи уыдзысты! — цыма Дзиуы хъæлæс чысыл фæфæлмæндæр, афтæ фæхатыд.Хазби. — Кæм ма ис, хисдæртæн лæггад чи бакæна, ахæм кæсдæртæ, — къамбец феуæгъд кæнгæйæ, загъта Хаз- би. Къамбецтæ араст сты скъæтмæ. — Æз сæ æххæст абæттон сæ кæвдæсы. Чызг, РУХС 88
аерæвæр æмæ уазæгæн исты фен, æцæг, номхыгъдмæ нæ- хауы, фæлæ уæддæр... — йæхæдæг скъæты фæмидæг: ч Асинет рухс тыргъы цæджыддзыл ацауыгъта æмæ мидæмæ ацыд. Æнахуыр хъуыдытæ схæлбурцъ кодтой йæ сæры: «Цы йæ хъæуы ацы æнафоны, цæмæ нæм æр- бацыд?» Иæ арæхстджын къухтæ ницæмæуал тасыды- сты. Фынг ацæттæ кæнынæн ын ницыуал æнтыст, кæд йæ фыды ’рцыдмæ æхсæвæр цæттæйæ дардта, уæддæр. Дзиу уайтагъд фездæхт скъæтæй. Ахиз уæлæмæ, зæгъгæ, сдзырдта Хазбимæ æмæ йæхæдæг асинтыл ра- зæй фæцæуæг. Тыргъы Хазбийæн дæр йæ къухтæ’ ных- ’сын кодта æмæ Дзиуæн иæхи уатмæ бацыдысты. Асинет сын фынг æрæвæрдта, йæхæдæг аздæхт æддаг уатмæ, дуар чысыл зыхъырæй ныууадзгæйæ. — Сбад, иугæр мæ хæдзармæ æрбацыдтæ, уæд, ме знаг куы уай, уæддæр ма тæрс, — Дзиу рауагъта ирон сыкъайы нуæзт æмæ ракуывта.— Цæй, хуыцау æмæ дæ Уастырджыйы хорзæх уæд. Фарны къах æрбавæр ацы хæдзармæ дæр! — нуазæн анызта бындзарæй æмæ йæ бадаргъ кодта Хазбимæ. — Нæ нуазын! — йæ сыкъайыл ын чысыл æддæдæр ахæцыд Хазби. — Уый та куыд нæ нуазын у? Дзиуы хæдзары нæ нуазынтæй хъазæн нæй. - у — Æцæг зæгъын, нæ нуазын! — сфæлхат кодта Хаз- би. ч — Асинет, кæм дæ, кæ, рацу, иу дзы ды уæддæр ба- наз, — йæ чызгмæ æддаг уатмæ адзырдта Дзиу æмæ уый куы ’рбацыд, уæд æм сыкъа бадаргъ кодта. Асинет сыкъа райста æмæ йæ ризгæ къухæй радта Хазбимæ. «Хуыцау дæ зонæг, Дзиуы хæдзары ризгæ къухæй цал- мæ бадардтай сыкъа, цалы сæр дзы разилын кодтац, Мæргъиты рæсугъд. Фæлæ дзы мæнæн тас нæу. Мæнæн æгъгъæд фæуæд дыууæ сайды — Симæ æмæ Ирæйы.кæ- лæн митæ!» — йæхинымæры хъуыды кодта Хазби, скъæфгæ каст бакодта Асинетмæ. Уымæн йæ цæсгом фæсырх, йе стыр рæсугъд цæстытæ бынмæ æруагъта. Иæ мыдгъуыз алдымбыд дзыккуйы къæбæлæдзыг пух кæ~ рон ныдзæвд йæ галиу къуыпп риуыл. Хазбийæн Хетæ- джы ныхæстæ йæ хъусты ныззæлланг кодтой: «Мæйда- ры, цыкурайы фæрдыгау, ком ныррухс кæндзæн»... «— Гъай-гъай, бæсты фидыц, комы рæсугъд у!» — исдуг сразы Хетæгимæ. Стæй йын йæ зæрдæйьг рохтыл’ 89*
.æрбахæцыд зонд, йæ хæлбурцъгæнаг æнкъарæнтыл ын Уазал дон басæххæтт кодта æмæ сдзырдта: «уарзты ;цæст куырм у. Афтæ рæсугъд куы уаид; уæд йæ фыдмæ фæтæгены цырагъ нæ дардтаид». Хазби æвæндонæй райста нуазæн. Акуывта чызгæн, хæдзарæн. Иу хатт ма бахатыд Дзиумæ, уæд та мын ныххатыр кæнис, зæгъгæ. Фæлæ уый нæ фæчитт кодта. Хазби йæ сыкъа мæсты нозт акодта. — Иеныр æвнал фынгмæ æмæ дзур, цы хъуыддаг дæ ис мæнмæ? Кæд, мыййаг, сусæггаг у, уæддæр æз гæды митæ нæ уарзын, мæ чызгæй ницы сусæг кæнын. Хазбийы тынг фæндыд Дзиуимæ лæгæй-лæгмæ аны- :хас кæнын. Иæ зæрдæ йæхиуыл нæ дардта, ацы рæсугъд чызджы цур бахъуаджы сахат Дзиуæн, цы аккаг -у, ахæм дзуапп ратдзæн, ууыл. Чысыл раздæр ын цытæ фæдзырдта Дзиу... «Мæ хонæг дыл кæм амбæлд? Бон ныл нал кæны? Цы дæ хъæуы? Гæнæн ис, æдзæсгом .лæг йæ намысыл йæ къух сис^ æмæ йæ чызджы цур дæр ахæм æвзагæй дзура мемæ. Цæй, фендзыстæм. Цы мæ ахæсса, уый йæхи. Афтæ куы бакæна, уæд мыст къахта æмæ гæдийы сæр». — Дзиу, мæн фæнды, цæмæй колхозы базарадон гхъуыддаг дæхимæ райсай. — Цы? — фесхъиудта Дзиу. — Мæнæн колхозимæ иумиагæй ницыуал ис. — Ис! — Цы?! — Алцы дæр, — уисæн нæ" кодта Хазби. — Бахатыр кæн, хисдæр дæ æмæ дын уайдзæф кæй кæнын! — фæ- иппæрд дæ адæмæй. — Цæй адæмæй? Æхсæвæй, бонæй колхозы куысты фыдæскъуыд кодтон, мæ сывæллæттæ та къæбæр цух уыдысты, фæлæ сын уæд Дзиу уыдтæн, кадджын лæг... Ныр сæ цуры къæбæрхæрынхъом куы фæдæн, уæд сын нал бæззын. Дзиу дæрзæг у, Дзиу, дам, сафинаг у. Цæ- мæн дæн сафинаг? Мæсывæллæтты царды стыр фæндаг- мæ кæй ракодтон, уымæй? Æмæ чи сты мæ сывæллæт- -тæ? Инежнертæ æмæ дохтыртæ! Кæмæн лæггад кæ- нынц? Адæмæн! Уæдæ мæ цæмæн рауæлдай кодтой, кæвдæсард фыртау, хуыснæггаджы цард цæмæн кæнын Се ’хсæн? Ды, уазæг лæппу, æппæт нæма зондзынæ... Асинет сæркъулæй хъуыста йæ фыды ныхæстæм, *стæй худинаджы азарæн нал фæрæзта æмæ иннæ уат- -90
мæ айста йæхи. Йæ хъустæ гуыр-гуыр кодтой йæ фыды ныхæстæй. — Дзиуы ныртæккæ хъæд давыны сæр ницæмæн хъæуы. Æз æввонгхор мæтых нæ дæн. Мæ тæккæ хъа- руйыл дæн æмæ йæ цы фæкæнон? Колхозы нал кусын, фæлæ мæхицæн хъæдæй суг æрбаласын, хатт хъæдæр- мæг дæр. Давгæ сæ, мыййаг, нæ кæнын, зонынц мæ иу- уылдæр... Хъæусоветы хицау дæр... — Бузныг де ’ргом ныхасæй, — сабыргай райдыдта . Хазби.—Иу чысыл ба’йхъус, уæдæ, мæ’ныхасмæ дæр. Ды ныртæккæ дæ, æцæгæйдæр, пайдайы лæг, æфтиаджы суадон, фæлæ адæмæн нæ. Мæн та фæнды æмæ цы адæмимæ цæрыс иу зæххыл, иу дон кæимæ нуазыс, иу уæлдæф кæимæ улæфыс, де ’ппæт зонд æмæ хъарутæ уыцы адæмæн пайда куы хæссиккой. Дæуæн^ дæ бынат ис колхозы. Куы зæгъын, колхозы базары хъуыддаг æп- пæтæй дæхимæ айс. Горæты базары дын сараздзынæн сæрмагонд дукани. Дæ бæрны уыдзæн Хетæг æд маши- нæ. Ласдзæн дæм халсарæй, дыргъæй æппæт дæр. Кæд дæ æххуысгæнæг хъæуы, ратдзыстæм дын уый дæр. Дзиуы зæрдæмæ тынг фæцыдысты Хазбийы ныхæс- тæ æмæ йын æргомæй загъта: — Бæгуыдæр, уыцы куыст мæ зæрдæмæ цæуы, бæ- гуыдæр, дæ фæнд хорз у, фæлæ ме сæфтмæ чи бæллы, -уыдонæн сæ сæрыл царвау куы батайон, уæддæр зæгъ- дзысты: «Бахордта нæ Дзиу! Дзиуы хъæлæсы аирвæз- тыстæм!» — Дзиу, дзуаппыл батагъд кæн, зæгъгæ, дыи нæ зæ- гъын. Фæлæ уæддæр ахъуыды кæн мæ фæндо- ныл. Æз дын лæгау-лæджы хъуыддаг зæгъын. Дæ- уæй хуыздæр мæнæн мæ къух ничи сараздзæн. Зæ- гъын дын æргомæй. Æз дæумæ не ’рбацыдтæн, кувд тæккæ æууæнкджындæр лæгмæ, афтæ. Æз зонын, кæндзынæ дæхи уæййæгты кой дæр. Фæлæ мæн ныртæккæ хъæуы зæд нæ, -фæлæ, æнæдон ранæй дон чи сцъира, ахæм! Æмæ уый та дæ ды. Æз æмæ де ’хсæн ахæм цæдис арæзт куы ’рцæуа, уæд дæ ничи ба- хъыгдардзæн. Уæд дæ хъæд давыны сæр дæр нал хъæу- дзæн. Стæй йæ дæ зæрдыл бадар — хъæд давыны бар дыи æнæуи дæр амæй фæстæмæ нал ратдзыстæм. — Уæхæдæг æй дзæбæх ныццагътат. Сымахæн алцы бар дæр ис! — фæрæхуыста Дзиу. 91
— Ныццагътам сæдæ бæласы бæрц, фæлæ дæс хатты фылдæр та ацы бонты садзгæ ныккæндзыстæм! — йæ бынатæй сыстад Хазби, хæрзæхсæвтæ раут, сын загъта æмæ рацыд. * * * Уалдзыгон куыстытæ уыдысты сæ тæккæ тæмæньь Æнгузджыны хъæу хуым кодта æхсæвæй-бонæй" Иæ куырдадзы куыстæй трактормæ бахызт Гæба. Изæрæй боныцъæхтæм трактор йæ хъæрæй никуы æнцад. Дар- дæй бакæсгæйæ афтæ зынд йæ цырагъы рухсимæ, цыма иуцæстон уæйыг фæлдахы зæхх. Боны трактористæн цы ’нтыст, уымæй фылдæр хуым кодта Гæба. Хуым кодтой цыппар цæды галтæй дæр. Хетæджы сæрыл куырой зылд. Хъæуæй горæты æхсæн йæ машинæ æнцой на^ зыдта. Хъæубæсты куыстхъом адæм æмткæй базмæлы- дысты, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæй фæстæмæ алчи дæр йæхицæн куыст ссардта. Хуссарварс зæххытæ сау адардтой. Байтыдтой мæнæу, нартхор. Цæгатварс хуым- ты, Хазбийы фæндонмæ гæсгæ, хъуамæ байтауой сило- сы нартхор, картоф, хъæбæрхор. Адæмы ныддих кодта хицæн бригадæтыл. Иутæ къахтой цæхæрадоны зæхх æмæ тыдтой халсæрттæ, аннæтæ зылдысты дыргъбæ- лæстæм, лыг сын кодтой сæ уæлдай къабузтæ, цагьг той сæ чъырæй, сæ алыварс сын быдтой каутæ. ’ Колхозæн æххуысмæ фæзындысты ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Уыдон дæр Хазбийы фæндонмæ гæсгæ хицæн къордтыл радихтæ сты. Иутæн бæлæсты талатæ ныссадзын бахæс кодтой, иннæтæн — сидзæр- гæсты цæхæрадæттæ скъахын. Æртæ лæппуйы æд белтæ балæууыдысты Нагъуыйы цæхæрадоны. Цалынмæ дзы иу хæс схастой, уæдмæ сæ Нагъуы зонгæ дæр нæ бакод- та. Фосмæзилджытæй, райсомæй цалынмæ хъом сæр- вæты хызтысты, уæдмæ сæ иутæ æххуыс кодтой колхо- зæн, иннæтæ кастысты родтæм. Хуссарварс ногдзыд кæрдæгыл колхозы чысыл фос зыдæй хизынц. Фосы дзуг фиййау сыздæхта фахсы, йæхæдæг æрбадт рындзыл æмæ йæ уадындзæй цæгъды. 1 Куыст, фæрныг куыст æхсиды Æнгузджыны уæлвæз- ты. Уый у зæхкусæджы æхсидгæ зæрдæйы бæрæгбон. Уый стыр разæнгардæй æрæвнæлдта йæ дарæг зæхмæ, 92
цæмæй йын, кæддæрау, йæ æнæзæрдæхудт куыстæн нæр- тон хæрзиуджытæ ракæна. Æрмæстдæр иунæг хæдзар нæ исы Æнгузджыны хъæуы циндзинады хайад. Уый у Мæргъиты Дзиу. Ды- сон, Хазбийы ацыды фæстæ, уый иудзæвгар æдзæмæй фæбадт. Йæ къамбецтæм æй бакæсыи хъуыд, фæлæ йæ уыдон дæр нал æндæвтой. Йæ зæрдæ йын, рæмпæ- гау, æхсыдта сæрдары æрбацыд. Тæрæзтыл барæгау ын "кодта йæ алы дзырд дæр. «Дзиу, дæуæн дæ бынат ис •колхозы... Дæуæй хуыздæр мæнæн мæ къух ничи сараз- дзæн... Хъæд давыны бар дын æнæуи дæр нал ратдзы- стæм!». Æмæ иунæг хъæдыл цæуы ныхас? Цæрын колхозы зæххыл. Сæ фæндоныл куынæ сразы уон, уæд мын мæ цæхæрадон байсдзысты. Ачъепп мын кæндзысты мæ дыргъдоны фылдæр хай дæр. Æмæ сын цы мæ бон -у? Ницы.,. Æмæ мын колхоз мæ базыртæ куы ацæгъда, уæд ма кæмæ бахъаст кæндзынæн, чи/ рахæцдзæн, Дзиу, дæ фарс? Ничи. Фæлтау аныхъуыр дæ маст. Хæрамдзина- ды фæндагыл ма ныллæу! Фыдбылызы ныссæдздзынæ, сæ азарæй басудздзæн дæ сæр. Раст у йæ хъуыды уыцы лæппуйæн: «Дзиу, фæиппæрд дæ адæмæй». Мæхæдæг дæр æнæаххос нæ дæн сæ разы. Чысыл мæхиуыл куы схæцыдтæн, уæд сæм уæлейæ дæлæмæ кæсын байдыд- тон. Къуырдбазыр кæрчытæ сæ быцæуы рæстæджы би- рæтæн бафидис кодтон. Цыма мæхæдæг знон ахæм къуырдбазыр нæ уыдтæн. Скъахтон сæ алкæй зæрдæ дæр, хъæуккагæй, æрвадæй сæ æмуд иуимæ нал цæ- рын. О, фæлæ мын Хазби, æвæццæгæн, йæхи фæндæй хæс кæны ацы хъуыддаг. Куыд мæ бауырна æмæ йæ хъæу- бæстæ куы базоной, уæд æй ской кæнын дæр бауадзой. Цыдæриддæр у, уæддæр ахæм хъуыддагыл сразы уы- дзынæн... Фæлæ колхозмæ кусынмæ иу бон дæр нал ацæудзынæн. Ахæм фидар фæндонимæсыстад Дзиу æмæ йæ къамбецтæ бабæрæг кæнынмæ ацыд. Иннæ уаты æндæр фæндтæ нывæзта Асинет. Уымæн фыццаг фендæй йæ зæрдæмæ нæ фæцыд Хазби. Ныллæг, тæнтъихæггъуыз. Сылгоймæгты цæсты ахæмтæ ницы ахадынц. Фæлæ йын йæ фыдимæ куы æрныхас кодта, гæды мыстæй куыд хъазы, афтæ дзы куы хъазыд, уæд бамбæрста, ацы лæджы мид хъару кæй у йæ лæгдзинад. 93
Хъус æмæ йын хъус йæ зондджын, зæрдæмæ арф хъа- рæг ныхасмæ. Асинет ын йæ алы дзырды дæр ардта, рæдыд зондыл хæст адæймаджы рæствæндагмæ чи код- та, рæстаг хъуыддагыл æй чи æфтыдта, ахæм æвæджи- ауы тых. «Гъæ, дæ зынг бахуысса де ’мгæртты 'хсæн> уæдæ уыцы мид хъаруйæ базмæлын кодтай хъæубæсты стырæй, чысылæй. Уымæн сæ сæрра кодтай? Уымæн кæнын райдыдтой дæ цæра? Тæхуды, афтæ дæм дардæй хъус, æндæр ницы», — йæ цæстытыл ауадысты йæ уат æмæ дыууæ бæрæгбонæфснайд сынтæджы фæрсæй- фæрстæм. Бынозæй сулæфыд. Иннæ уатæй хъуыст бы- цæу ныхас. Хаттæй-хатт æгæр дæрзæг дæр-уыд. Диссаг æм фæкаст йæ фыды ми дæр. Цыты уазджытæ кæй фæ- хоны, ахæмтæ йæм куы вæййы, уæд фæархайы, цæмæйг сæ цæсты раз ма уон. Аимæ та æддейæ æрбацыд загъд- гæнгæ. Сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бадт. Фæлæ мæм уæддæр фæдзырдта: «Чызг, рауай æмæ дзы иу баназ!» Зоны йæ бæлвырдæй, æз къуымæл дæр нæ нуазын. Фæ- лæ йæ фæндыд, цæмæй кæйдæр лæппу мæ къухæй иу сыкъа банызт’аид. Æмæ банызта. Банызта бындзарæй. Стæй мæм иу хъуызгæ каст æрбакодта. Куы цыд, уæд- дæр мæ фыдæн’загъта: «Хæрзæхсæвтæ ут!» Уыцы арфæ> æвæццæгæн, мæнмæ дæр æрвыста. Де ’знаг, мæнау, йæ- зæрдæмæ ныхъхъусæд æмæ мæ хуызæн фыдæхсæвтæ æрвитæд.' Асинет куы базыдта, Хазби асиныл кæртмæ ных- хызт, уæд ма æддæгуæлæйы тыргъæй иу зынд фæкодта. Ауыдта йæ Хазби дæр æмæ феддæдуар. ^ ^ # Хазби Дзиутæй рацыд æнафоны. Цæмæндæр æ.м афтæ фæкаст, цыма Дзиу сразы уыдзæн йæ фæндоныл. Цъалайы уæлвæзмæ куы схызт, уæд фæдисау: иу æрду- зæй калд рухс, фæлæ нæ хъуыст тракторы тыр-тыр. Диссаг, цымæ сыл цы ’рцыд? Цæмæн ныллæууыд? Кæд уымæй размæ хæдзармæ сарæзта йæ ных, йæхæдæг дæр бонизæрмæ ратæх-батæхæй бафæлмæцыд, уæд ныр уы- цы хъуыддагыл йæ къух ауыгъта æмæ фæцæуæг æр- дузы ’рдæм. Тракторы уæлæ. хуыррытт фынæй кодта Хæрзойты Хетæг. Хазби йын тынг фæтæригъæд кодта. Ацы бонты иууыл рахау-бахау кæны хъæуæй горæты 94
’хсæн æмæ бафæлмæцыд. Нæ йæ хъуыд æхсæвы сме- нæмæ рауадзын. Хазби кабинæйы асинты къæпхæныл- æрлæууыд æмæ сабыргай Хетæджы цонгмæ бавнæлд- та._Уый фесхъиудта. Хазбийы куы ауыдта, уæд фефсæр- мы. «Бахатыр кæн, æнхъæл дæн, чысыл’ арæдзæ-мæдзæ- кодтон». ^— Ацы хатт дын хатыр уæд. Фæлæ дæ машинæимæ* рейсы куы уай, уæд дæ тракторы æмгæрæтты ацæугæ- куыннæуал фенон. Ныр та фалдæр бабад æмæ дын æз дæ хуымгæнды иу хайыл ногæй трактор ауадзон. — Нæ, нæ, мæхæдæг! — конд хуыммæ лæмбынæгдæр’ акæсгæйæ, æмæ дзы стыр пелтъытæ æнæфæлдæхтæй" фенгæйæ, сдзырдта Хетæг. — Ды иу чысыл аулæф, стæй дæ æз райхъал кæн- дзынæн. — Æмæ трактор скъæрын зоныс? — Кæд сарæхсин! — бахудт Хазби. Хетæг фалдæр бабадт. Хазби аскъæрдта трактор. Æрдæг хахх кæронмæ куы ахæццæ кодта, уæд конд хуымæй иу æртæ метры бæрц ногæй кæныныл схæцыд. Трактор скъæрдта рæвдз. Хетæджы бауырныдта, Хазби æцæг тракторист кæй у, уый. Нал æм æхсайдта йæ зæр- дæ. Кабинæйы къулыл банцой кодта æмæ боны уæззау куысты фæстæ æхсызгонæй йæ цæстытæ æрæхгæдта. Хазби арф ныссагъта тракторы гутæттæ æмæ фæл- дахы зæхх. Иу цалдæр хатты бакаст Хетæгмæ. Иæхи- нымæры сдзырдта: «Цæмæй зоныс, мæ хæлар, æмæ дын дæ бæллиццаджы уарзоны къухæй ирон сыкъа райстон æмæ йæ бындзарæй банызтон. Нæ, æцæгæй дæр дисса- джы рæсугъд чызг у, фæлæ Хетæджы хуызæн уынд- джын лæппу йæ ныфс кæмæ нæ хæссы, уымæй мæ хуы- зæн дæлæмæдзыдæн цы пайда ис... Стæй та хъæуыл сагъæсмæ рахызт. Бузныг сæ уыд, æмдыхæй хъуыддаг- мæ кæй бавнæлдтой. Фæлæ сыл электроны рухс тагъд æрбауадзыны хабар базыртæ кæй ныссагъта, ууыл ды- зæрдыг нæ кодта. Бузныг, Тепсарыхъо, ды нын транс- форматортæ нæ балæвар кодтай, абон дæр ма тальш- джы джиуиккам. , Тепсарыхъойы фæстæ йæ цæстытыл ауад йæ мад. Хæрзаг мæ ибоны гæххæтты гæбазы тыххæй йæ цæссыг- тæ фæкалдта. Ныр мæ ацафон тракторыл бадгæ федта, йе знаджы уд схауид. Æрхъæцмæ мыл нæ хъæцыд. Æдзухдæр мæ æнахъом сывæллон хуыдта. Уый та дык 95
æнахъом сывæллон. Гæвзыкк колхоз бакодтой уыцы зенахъом сывæллоны бæрн æмæ йын загътой: «Бирæ лæ- тау-лæгты бафæлвæрдтам сæрдартæй, фæлæ сын ницы хорздзинад саразын бантыст. Йеныр ма ды дæ нæ фæс- таг ныфс. Нæхи дын фæдзæхсæм». Уæдæ, мæхи гыцци, ды куыд æнхъæл дæ, афтæ-гыццыл дын нал дæн. Дыу- уæ чызджы дын дæ фырты фындз амарзтой, хæлиудзы- хæй йæ фæуагътой. Ныр та дзы .ахæмыл фембæлд æмæ уыцы дыууæ чызджы йæ рыджы дæр нæ фæзындзысты. Зæрдæйы уидæг, уды гага. «Кæс-ма, —йæхи æрцахста Хазби, — фæцæуын, æрцæуын æмæ та мæ тъæпп Дзи- уы рæсугъдыл фæцæуы. Æнхъæл дæн, æнæхайыр фæуа, йæ фыццаг фембæлдæй йæ бауарзтон». Трактор хъæр кæны. Сабыр æхсæвы тракторы зарæ тæн тыхджын хъæлæсæй хъырны Цъалайы дон. Хъæу- бæсты ’рдыгæй. æрбайхъуыст кæйдæр уасæджы уаст. Тракторы хъæрмæ йæ гæзæмæты’æрцахста Хазби. Уæд- мæ йын дзуапп радтой иннæ уасджытæ дæр. Фыццаг кæркуасæнтæ. Акаст йæ конд хуыммæ æмæ дзы йæ зæрдæ барухс, дзæгъæлы не сбадт тракторыл. Иу ран цыдæр дурыл йæхи скъуырдта, трактор фæ-. тæппгæнæгау кодта. Хетæг фехъал. Конд хуымыл йæ цæст ахаста æмæ аххосджыны хуызæй сдзырдта: — Худинаджы фынæй бадæн, æыæхъæн хъугом иу- уылдæр афæлдæхтай. — Ницы кæны, дæ фаг дæр ма дзы ис, Хетæг, — Хетæджы бæрн трактор ныууадзгæ, загъта Хазби æмæ. хъæуырдæм йæ ных сарæзта. — Иу чысыл мæ цæстытæ фæсайон, науæд хуыссæгцух расыг лæгæй уæлдай нæу. \ * * * ’ Цин æмæ маст æмбæлццæттæ сты. Куы сæ иу фæуæ- лахиз вæййы, куы сеннæ. Фæлæ знон Хазбийыл цы :маст сæмбæлд, уый ма йын тагъд исты ферох кæнын тсæндзæн, уый æнхъæл нал уыд. Фæлæ йæм ныр ба- кæс, — феррамæ йæ бирæ нал хъуыд. Сонтау рагæпп кодта правленийæ æмæ, йæ къухты цыдæр гæххæтт уæлдæфы хыбар-хыбургæнгæ, фæдисы хъæр ныккодта: 1, «Хъæубæсты адæм, йæ къахыл ма уæ лæууынхъом ’чи у, уыдон фæдисæй уайæнт колхозы клубмæ. Æхсыз- гон хабар, цины хабар». 36
Хъæубæстæй бирæтæ бадис кодтой, зæгъгæ, сæрдар нæ знон куыдзы къахæй куы фæнадта, дзуары бон кæй скодтам æмæ мæнæу æфснайынмæ кæй нæ рацыдыстæм, уый тыххæй, уæд ныл цавæр æхсызгон хабар сæмбæлд! цæмæ нæ хоны клубмæ фæдисæй... Цыдæриддæр у, базонын æй хъæуы, зæгъгæ, сæ кæ- рæдзимæ гæсгæ атагъд кодтой клубмæ. Иуæй-иу хæ- дзæрттæ знонæй нырмæ сæ фынгтæ нæма систой. Ми- нас кодтой дыккаг бон дæр. Ныр сын куы фехъусын чындæуыд, зæгъгæ, сæрдар йæхæдæг, фæдисы хъæр кæ- ны, уæд сæ минас фæуагътой æмæ иннæты фæстæ фæ- цæуæг сты клубмæ. Фæдисы хъæр фехъуыста скъола дæр æмæ директор , рарвыста иу скъоладзауы, суай-ма æмæ базон, цы ха- бар у, зæгъгæ. Хазби йæ дыууæ къухы ’хсæн афтæ тынг пылхъывта уыцы диссаджы гæххæтт, цыма йын тæрсгæ кодта, ныртæккæ æхсинæг фестдзæн æмæ йæ къухты æхсæнæй апæр-пæр кæндзæн. Адæмæй йæм чи куыд раздæр уад, афтæ йæ фарс- ,той, цы хабар у, зæгъгæ. Фæлæ Хазби никæмæн ницы дзырдта, амыдта сын мидæмæ, клубмæ. Чдсыл фæстæ’- дæр, иугæр куы федта, хъæубæстæй клубырдæм цæуæг нал зыны, уæд йæхæдæг бараст комкоммæ сценæмæ. Адæмыл йæ цæст куы ахаста, уæд уыдон бафиппайдтои, сæ сæрдар тыхæй кæй уромы йæ зæрдæйы знæтдзинад. — Хорз адæм! Мæнæ æрхъæцмæ кæмæ нал хъæцы- дыстæм, уыцы уынаффæ. Паддзахад нын аскъуыдта нæ фиддонтæ. Фæстаг капекк, фæстаг хоры гага, фыдыз- гъæлы фæстаг граммы онг. Залы къуымтæ адæмы тыхджын æмдзæгъдæй нæ- рыдысты. Уæлдæфмæ стахтысты кæйдæрты худтæ. — Æнгузджыны зæхкусæг дзыллæтæ, дæлæ цъалайы дон уалдзæгчкуыд гуылф-гуылфгæнгæ фæбырсы, афтæ ныггуылф кодтой колхоз «Сæуæхсид»-ы хъæздыгдзина- ды суадæттæ. Уæ намысджын куыстæн рæдау лæвæрдтэ,* ракодта нæ дарæг зæхх. Нæ мусты сырх мæнæуы кæри- тæй зæрдæ райы, цæст сæм кæсынæй не ’фсæды. Нæ нартхæртты зæнгтыл æрзæбул сты æрмæрины дæргъæн дыгай-æртыгай æфсиртæ, нæ дыргътæ фырзадæй зæх- мæ æркув-æркув кæнынц. Ноджы арфдæр басчъил кæ- нæм нæ _дыстæ æмæ ахæм æвæджиауы рæстæгæй р-ато- иæм нæхион. Фæфылдæр кæнæм нæ хосы мæкъуылтæ, 7. Хацырты С. 97
нæ силосы уæрмытæ. Æхсыры цад фестыи кæнæм нæ хъуццыты фермæйы. Уадз, сæрвæтты бамбæрзæнт нæ фидæны фосы дзугтæ, хъомрæгъæуттæ. Стыр æфтиæгтæ æрбахæссой колхозон хæдзарадæн нæ цæхæрадæттæ. Канд нæ хъæу нæ, фæлæ Цъалагомы æппæт хъæутæн дæр стыр фадат дæтты йæ уавæр хъазтæ, бабьгзтæ би- рæ скæнынæн. Хазбийы зæрдæмæхъарæг ныхас адæмыл тынг бан- дæвта æмæ кæрæдзи ивтой ныхасгæнджытæ, арфæ код- той парти æмæ хицауадæн сыгъдæгзæрдæ аудыидзина- ды тыххæй æмæ сæ алчи дæр йæхимæ иста фылдæр ба- кæнинаг хæстæ. Æмбырд куы райхæлд, <уæд Зураб дзырдæппарæн бакодта Хазбимæ: — Дæ рын бахæрон, Хазби, æвæццæгæн, не зноны куывтытæ дзæгъаёлы нæ фесты... — Зураб,— бахудт Хазби дæр, — ды сыгъдæг дзуа- рæн табу кодтай знон, ацы уынаффæ та Мæскуыйæ рай- стой æртæ къуырийы размæ... Мæнæ, тыллæг æнæзиа- нæй куы бафснайæм, уæд скæндзыстæм хоры куывд. Хазби æмæ Зурабы алыварс æрбамбырд сти чидæр- тæ æмæ сæм лæмбынæг хъуыстой. Хоры бæрæгбоны фæндон фæцыд бирæты зæрдæмæ. Уыдонимæ та хъæу- бæсты хисдæр Иласы зæрдæмæ дæр æмæ ныхас йæхимæ -айста. - Хоры бæрæгбон! Хъæздыг царды рæсугъд æвди- сæн. Æмбæлы, дæ рын бахæрон, Хазби, зæхкусæг лæ- гæн æрвылаз дæр хоры бæрæгбон кæнын. Нæ хъæубæ- сты мæнæ мæнæй зæронддæр нæй. Зонын, кæнæм бирæ дзуарыбæттæ. Уый тыххæй нæ, æмæ диныл æууæндæм. Лæг йæ æрдзы кондæй афтæ арæзт у. Хъæлдзæг куы уа, уæд худы, кафы, зары. Йæ зæрдæ агуры бæркад, бæ- рачет фынг... Æгайтма, хъуыддæгтæ иууылдæр афтæ дзæбæх цæ- уынц. Хоры бæрæгбон дæр та скæндзыстæм, — йæ ны- хас балхынцъ кодта Илас æмæ бахатыд Хаджумар æмæ Тасолтанмæ. — Хазби, нæ хæдзары дуар кæцырдыгæй ис, уый нæма зоныс. Афтæ аив нæу. — Хонынвæнд нæ скодтай, æнхъæл дæн, Илас? — бахудт Тасолтан æмæ иннæты дæр нал афарста, афтæ- мæй йын загъта. — Ахæм диссаджы бон дæ хъыджы нæ бацæудзыстæм, æрмæст æфсинтæн зæгъæмæ мацæуыл бацауæрдæнт. 98
— Кæд ма зæронды хæдзары сымах фаг исты разы- нид. Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн, Тасол, иннæты хъы- джы дæр ма бацу, табуафси, фæхон-иу сæ. Илас куы адард, уæд Зураб, йæ фæдыл акæсгæйæ, загъта:' — Тæригъæд нæ уыд базæрондæн. — Мах дæр уырдæм хъæуы, Зураб, гæнæн нæй! — фæкодта Хаджумар æмæ ауыдта дæлæрдыгæй сцæйтæ- хæг колхозы машинæйы. Кабинæйы Хетæджы фарсмæ бадт Мæргъиты Дзиу. Уый рæвдз рагæпп кодта кабинæ- йæ æмæ Хазбииты къухтæ райста.Хæрдары хъусы цы- дæртæ адзырдта, йæ дæларм нарст портфельмæ амон- гæйæ. — Зураб, сымах уал цæут, мах ам иучысыл афæс- тиат уыдзыстæм! — бамбарын кодта Хазби æмæ фæсте^- йæ аззадысты Хаджумар æмæ Тасолтанимæ. Дзиу сын бамбарын кодта, ацы иунæг къуыри йе ’мбалимæ кæй бабазар кодта, уыцы æхца — ссæдз мины йæ дæларм кæй сты. — Ссæдз? — бацымыдис Тасолтан. — Ссæдз! — фидарæй загъта Дзиу. — Торджы кус- джытимæ иумæйаг æвзаг ссардтон. Уыдон баныхас кодтой нæ хæлар заводы дирекциимæ æмæ нын сæ тер- риторийыл иу чысыл къуым радтой. Нæ уæййæгты дзæ- бæхдæрты нæ хæлар заводы кусджытæм ласæм. Мæнæ Тасолтаны фырт Сандримæ бонгай кæрæдзи ивæм, куы æз — базары дуканийы, куы — уый. Афтæмæй дыу- уæ дукаппйæ бакуыстам ссæдз мины. — Исты дын’" æххуыс кæны, уæвгæ? — афарста йæ Хазбн. Дзиу бамбæрста Хазбийы дæлгоммæ фарст, уый кæй цымыдис кæны, чи уæ цасы аргъчауæй кодта, зæгъ- гæ. Хъыг ын уыдис, йæ куыстыл ын дызæрдыг кæй кæ- нынц, уый. Фæлæ зыдта, уымæн æнæ афтæ гæнæн кæй иæма уыдзæн а-тагъд рæстæджы. Фæлæ цыма Хазбийы лæлгоммæ ныхас нæ бамбæрста, ахæм хуызы йын дзуапп радта: — Уый та цы хоныс, æнæ Сандр иунæгæй æз цы са- разиц. Ацы къуыри 12 мпны æз бакуыстон, аст та — уый. «Иу дуканийы æхсæз мины фылдæр», — йæхины- мæры ахъуыды кодта Хазби, æргомæй та загъта: -- Хуыздæр фæут, фæлæ æхца демæ цæмæн рахастай? — Банчы кусджытæй мын иу загъта сусæгæй, дæ хи- 99
цауыл, дам, сæ сæмбæлын кæн. Махмæ, дам, куы ’рба- хауой, уæд, дам, уæ колхоз бирæ хæстæ дары æмæ уæм дзы фæстæмæ ницыуал антысдзæн. — Чи у, дæ хорзæхæй, уыцы мæтгæнæг? — афарста Хазби æмæ ныхас фæлыг кодта.—Чифæнды дæр уæд. Амæй фæстæмæ дæ алы сомы фæндаг дæр ис банкмæ. Дæ хæрзæггурæггаг мæн. Не ’ппæт фиддонтæ дæр нын паддзахад аскъуыдта. — Æцæг? — фæхъæр ’кодта Дзиу. — Æцæг." — Уæдæ, иннæ хатт ноджы фылдæр æхцамæ æн- ’хъæлмæ кæсут. Заводы кусджытæ фæдзæхстой, цæмæй сæм сæрдыгон дыргътæй фылдæр фæкæсæм. — Нæ дыргътæ бæлæсты бын куы æмбийынц! — ны- хас йæхимæ айста Хаджумар æмæ Хазбиимæ уынаф’фæ кæныныл схæцыд. Завод нын стыр хорзы бацыд æмæ сын базары митæ куы кæнæм, уæд уый раст нæу. Арæв- дауын сын хъæуы сæхи дæр. — Хъыг уын куы уа, уæддæр уын æргомæй ^æгъын, ахæм фæндон ис мæнмæ дæр ме ’мбалимæ, заводы кус- джытæн сæ фæасламдæр хъæуы. Уый тыххæй правлени ауынаффæ кæндзæн, фæлæ æхца уемæ ма хæссут, науæд фыдбылыз баст ис семæ. — Мæхимæ исын уыцы фыдбылыз, фæлæ ахæм æх- цаимæ дыууæрдæм цæуын аив нæу. — Ам сæ нæхимæ посты хайадмæ радт. Уыдон сæ не счетыл æмбæлын кæндзысты. Дæхæдæг цом махимæ, Илас нæ хоны. Уæдмæ дын дæ маШинæ фæсивæд арæвдл кæндзысты. — Мæнæн ныртæккæ Иластæм цæугæйæнæу. Дыргъ- тæм мæхæдæг хъуамæ фæкæсон. Завод базар нæу. Лæг хъуамæ сæ разы сырх ма кæна йæ уæййæгтæй. Иласы раз та æрцæудзæн рæстæг, æмæ мæхæдæг мæхи бараст кæндзыиæн. ; — Уæдæ дæ нал уромæм. Цы уæ домæм, уый уæхæ- дæг хуыздæр зонут. — Лæппумæ дæ хъус фæдар, нозтыл ма сбæндæн , уæд! — бафæдзæхста йæ Тасолтан. — Цытæ дзурыс, ситро дæр куынæ нуазы! ---дардæй | æрбадзырдта Дзиу. — Куыд уæм кæсы хьæды рæмпæг.' — Хазбийы фарст æнæнхъæлæджы нæ уыд Хаджумар æмæ Тасол танæн. Уыдон уыдысты Дзиуæн ахæм ахсджиаг хъуыд- 100
даг бахæс кæныны ныхмæ. Æмæ ныр дæр нæ фæтагъд кодтой стауæн ныхæстыл, кæд ахæм хъæздыг хуын æр- бахæссыны æнхъæл никуы уыдысты, уæддæр. — Нырма уал йæ къахы айст зæрдæмæ цæуы. Кæд дарддæр дæр афтæ асима, уæд Дзиу хъæубæсты ’хеæн, гæнæн ис, йæ кæддæры бынат бацахса... * * * ,.■ I Дардыл иыззылдысты Хъызлары тыгьд быдыртæ. .Хæдзардзин колхозтæ сæрмагонд бригадтæ рарви- тынц ардæм æмæ зымæгмæ сæ фысфосæн фæцæттæ кæ- пынц хос. Рæстæг цыфæнды хорз куы ахæссы, уæддæр зæддаг фыстæ, цæсты гагуыйау, хъахъхъæнинаг вæй- йынц, уæлдайдæр, зымæг куы схъызы, уæд. Æнгузджы- ны фыййæуттæ Хъызлары быдырты иу æмæ дыууæ зы- мæг нæ арвыстой æгуыдзæг уавæры.. Фæлæ ацы аз сæ колхозы ног сæрдар Алæджыхъоты Хазби дæр рагацау арвыста йæ бригадæ Хъызлармæ. Бафæдзæхста сын хос- цæттæ кæныны размæ фыййæутты ницæйаг къæс феха- лын æмæ сын хуыздæр цæрæн бынат саразын. Мæйæ фылдæр рацыд бригадæйы ацыдыл. Фæлæ йæ ничима бабæрæг кодта. Хазбийы зæрдæ сæм тынг æхсайдта, фæ- лæ йын сæрды — хор æфснайыны тæккæ ахсджиагдæр рæстæг, йæ къухтæм æмхасæнтæ куы кодта, уæд цæй ныууайыны рæстæг уыд. Ныр иучысыл сулæфыд, сфæнд кодта’сæ абæрæг кæнын. Уæзласæн машинæйы сын ла- сы хæлц, йæ адæм уым кæмæн сты, уыцы хæдзæртта сын æрвитыпц хуынтæ дæр. Хазби йæ фæндаг ракодта Асинетыл. ьаййæфта йа иунæгæй. Айфыццаг сæм сæхимæ куы уыд, йæ фыд Дзиуимæ сæм карз ныхас куы рауад, уæдæй фæстæма* Асинетæнхъæл уыд, Хазби ма сæм æрбауайдзæн, хъуыд- даг уыцы иу хылыл нæ ахицæн уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ- Хазби нал фæзынд, иу-дыууæ хатты ма йæ дардмæ цы ауыдта, æндæр. Колхозæн кæд Хазбийы куырдиатма* гæсгæ бацæттæ кодта медицинон æххуыс радтыны тых- хæй Æнгузджыны хъæуккаг чызджы, уæддæр сæ дохты- ры сæр кæй бахъæуы, уый тыххæй фезгъоры Асинетæн йæхимæ. Æнхъæлмæ каст Асинет Хазбимæ, фæлæ уый нæ фæзынд. Æнхъæл уыд, йæ хивæнд фыд не сразы уыдзæн 101
Хазбийы фæндоныл, фæлæ та ам дæр хъуыддаг иннæ- рдæм ныззылд. Йæ фыд Дзиу райста колхозы ба-зары хъуыддаг йæхимæ. Нал ын ис удæнцой. Æхсæвæй-бо- нæй йæ мæт, йæ сагъæс — фылдæр бабазар кæныи. Йæ удыйас цы къамбецтæ уарзта, уыдон колхозон фосима. баиу кодта. Суанг дуцгæ хъуццыты дæр аскъæрын код- та сæрды хизæнтæм. Æвæццæгæн, мæныл йæ зæрдæ нæ дардта, куыд æмбæлы, мæ хъус сæм афтæ куынæ фæ- дарон, зæгъгæ. Асинет фылдæр æхсæвтæ æрвыста иуиæгæй. Кæд сæ куыдз Милайы тæсæй уымы æмгæрæтты ацæуын’ ничи уæндыд, уæддæр æдас нæ уыд, кодта æнкъард. Цæй тынг-иу æй фæндыд ахæм изæрты Хазбиимæ фемчбæлын, уыимæ зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхас кæнын. Фæлæ уый нæ зынд. «Æвæццæгæн æй’мæныл сагъæсмæ не ’вдæлы. Æмæ, æниу, ахæм дзырдарæхст лæппу пырмæ æнæуар- зон кæм уыдзæн»... Асинет-иу архайдта, кæйдæр лæппуйы тыххæй йын удæнцой цы хъуыдытæ нæ лæвæрдтой, уыдон дард фæ- сурыныл. Райста-иу исты чиныг, фæтæгены цырагъы рухсмæ-иу кæсыныл сбæидæп. Фæлæ дзы сæрмæ ницы цыд, сæр дзаг уыд ^уарзондзинады æнкъарæнтæй. Уы- дон-иу дардыл æрзылдысты æмæ та-иу сæ тъæпп Хаз* бийыл фæцыд. Альгæфсæнттæй йемæ кодтой ныхас, азы- мы йæ дардтой. «Куыд дæ æппæлынц, иууыл ахæм дæр нæ дæ. Æндæр, махмæ цæуылнæ æрбауагътай электро- ны рухс. Зæгъæм, мæ фыдмæ мæсты дæ, фæлæ æз та цы кодтон, гормон? Дохтыр куы дæн, мæнæн дæр, дæ- уау, мæ сагъæс адæм куы сты, уæд уæ иу адæймаг куын- нæ бакодта мæ мæт? Уæдæ ма дæ уарзон уыдаин, кæд- дæра æппæты фыццаг мæ уат нæ ныррухс кодтаис. Фæ- лæ, æвæццæгæн, мæ фыд раст фæдзуры, кæрцæй, дам, хæдон — æввахсдæр, — йæ хъуыдыты-иу дзæгъæлтæ кодта Асинет. — Рухс не ’рбауагътай, уымæн æмæ, .æвæццæгæн, де ’рбацыды фыццаг бонæй базыдтай, ма. фыдмæ" хъæубæстæ куыд хæрам у, уый. Дæу нæ фæн- дыд ахæм лæджы тыххæй хъæубæсты хæрамдзинад дæ- ,химæ райсын. О, фæлæ йæм дæхæдæг дæр ахæм хæрам цæстæй куы кæсис, уæд ын колхозы æфтиаджы суадон ,йæ бæриы нæ бакодтаис». < Ахæм ныхмæлæууæг хъуыдытимæ иу æмæ дыууаь æхсæвы нæ арвыста Асинет, Хазбийьг фæзындмæ" æн- хъæлмæ ’кæсгæйæ. 102
Ныр æм фæзынд Хазби йæ куыстмæ. Ныхас рай- дыдта хъуыддагæй. — Асинет, цæуын Хъызлармæ, нæ адæммæ.Æмæ кæд гæнæн ис, уæд нæм иу чысыл фæкæс медикамеиттæй. — Æмæ дæ цы хостæ хъæуы? — худгæйæ бафарста Асинет. Ныхасæн бацайдагъгæнæн фæндаг йæхæдæг радта: — Чызджытæй усгур лæппу цæмæй дæрдты ли- дза, уый хос? Хазби бамбæрста Асинеты дæлгоммæ ныхас. -Асинет* чи зоны, аххосджын дæн æз дæр, кæд . чындздзон чызджытæ мæн дæр бахастой усгурты ном- \ хыгъдмæ, уæд. Фæлæ дын ард хæрын, амæй фæстæмæ мæм цалынмæ чызг йæхæдæг æрбадзура’ æмæ мын зæ- гъа, Алæджыхъоты лæппу, мæ зæрдæмæ цæуыс, зæгъгæ, уæдмæ мæнæй адæймаг никуыуал фехъусдзæн дзырд «уарзын дæ». — Афтæмæй дæ бирæ æнхъæлмæ кæсын луы бахъа,- уа, — йæ мидбыл æхсызгонæй бахудт Асинет æмæ ахъуыды кодта, æвæццæгæн, уарзондзинады зынгæй ба- сыгъд æмæ дзы ныр дæрдтыл лидзын райдыдта. Нæ йын уыд уый хъыг. Нæ, фæлæ йæ зæрдæйы цы æбæрæг ныфс хаста, ууыл цыма æвиппайды базыртæ разад, афтæ йæ- хи хатын райдыдта. Уый æнæбафиппайгæ нæ фæцис Хазби йæхæдæг дæр. Куы æрбацыд, уæд æнкъардæй бадгæ баййæфта Асинеты, ныр, æргъæфст маргъ йе ндзыг уавæрæй куы райхъал уа, хуры хъарм тынтæй куы æртæфса æмæ йе ’ппæт буар кафын куы райдайа; афтæ йæм фæкаст Асинеты хабар дæр. Асинет иу чысыл къопгонды нывæрдта хостæ æмæ йæ Хазбимæ бадаргъ кодта: — Сæ уæлæ иронау фæфыстон. — Бузныг, дæ зæрдæбын лæвар дын фыййæуттыл сæмбæлын кæндзынæн! — Хазби бакаст Асинетмæ ком- коммæ. — Зæрдæ Хъызлармæ нæ антысдзæн! — Хазбийы цæстæнгасæй атайæгау кодта Асинет æмæ цæттæ уыд йæ* хъуырыл ныттыхсынмæ, фæлæ зыдта, сылгоймаг сæрхызт хъуамæ уа ахæм уысм. Иæхи ныхæстæй йæхæ- дæг дæр фефсæрм æмæ йæ цæсгом йæ армы тъæпæнæй амбæрзта, йе ’ргом аздæхта рудзынджы ’рдæм. Хазби исдуг цавддурау, лæууыд. Асинетæн йæ уæхс- джытæ сабыргай фесхъиу-фесхъиу кодтой. Хазби нс- ’ууæндыд йæ цæстытыл. Æввахсдæр бацыд Асинетмæ. 103
Уымæн йæ рустыл æрфæд кодтой ставд цæссыгтæ. Ахæм хуызы йæ куы ауыдта, уæд йæ цурæй ралйдзæгау код* та. Згъоры машиыæ Хъызлармæ фæндагыл. Хазби бады шоферы фарсмæ кабинæйы æмæ йæ сæры зилдух кæ- ны Асинет. «Уарзы мæ! О, дунескæнæг! Ахæм амонд!» Исдуг базырджын æнкъарæнты ахæсты уыд Хазби æмæ цыдæр æхцондзинад хатыд. Стæй йын цыма йæ сæры магъз ток ныццавта, уыйау ныддыз-дыз кодта йе ’ппæт (эуар дæр. «Сонт, рæуæууæнк уарзондзинады амæттаг та мæ- хи кæнын. Нæ мын уыдис дыууæ хатты сайд зонд базо- ныны фаг. Ау, æмæ кæд афтæ нæу, уæд йæ цæссыгтæ цы сты? Нæ, нæ, мæнæй уый, тæссаг сылгоймаг у Аси нет æмæ дæхи бахиз фыдбылызæй. Науæд дæ кæйдæр чызджы уарзондзинад æмæхсæвæджы фæлидзæг кæн- дзæн. Асинет, æвæццæгæн, сфæнд кодта иу чысыл мæ удæй ахъазын. Рæсугъд сылгоймагмæ ахæм хиуарзои- дзинад хæццæ кæны, фæфæнды йæ, мыдыбындзытæ ди- динджыты алыварс куы суиллæг вæййынц, афтæ йыл куы æмбырдтæ кæниккой. Асинет нæ фыццаг фембæл- дæй фæхатыд, æз дзы мæхи дæрдты кæй ласын, уыйг æмæ сфæнд кодта уый тыххæй мæнæн иу чысыл хъы- цъыдæттæ бадарын. Уый афтæ куы иæ уаид, уæд, йæхи загъдау, йæ равзаргæ усгуртæн æз сæ рьтджы дæр нæ зынын. Уæд цæмæ гæсгæ равзæрста мæн? О, фæлæ кæд, æцæг, æз куыд хъуыды кæнын, афтæ у, уæд цæуыл дзу- рæг сты йæ цæссыгтæ та?..» Быцæу кæнынц Хазбийы сæры ныхмæлæууæг хъуыдытæ, фæлæ сæ чи растдæр у, уый рахатын йæ бон нæу. Машинæ та згъоры æмæ згъоры æнæкæрон тыгъдбыдырты. Æввахсæй-æввахсдæр кæны Хъызлармæ. — Хазби, цæуыл хъуыды кæныс, уый дын зæгъон, — цыма йын йæ хъуыдытæн асурынæй тарст, уыйау æм сабыргай сдзырдта Хетæг. Хазби йæм фæрсæджы каст бакодта. — Ды хъуыды кæныс Асинетыл. Хазбимæ Хетæджы хъæлæсы уаг фæкаст æнтъыснæг- гъуыз. - ! — Пехуымпар дæ, бæгуы. — басаст Хазби, — фæлæ йæ цæмæй базыдтай? ■ — Цы зонын мын æй хъæуы. Уыцы чызджы иу хатт чи фена, уый йыл зæрдæхъæрмттæ фæкæны. 104
.— Хетæг, æз æмæ ды æмкарæнтæ стæм. Хардзау дæм ма фæкæсæд мæ ныхас. Рæсугъд чызг у Асинет... Куы йæ фæнда, алкæй дæр йæ уарзондзинадь^ ахæсты ба- кæндзæн... Уымæ гæсгæ диссаг нæу, зæгъгæ, æз дæр уы- цы низæй сæйын райдыдтон, уæд. Фæлæ куыд у дæ хъуыддаг? — Куыд у. Æрдиаг ма йыл хъæуы. — Ницы ком дын дæтты? — Æмæ йæм чи уæнды? — Уæ-ууа, ’уанцон æнæуæндаг нæ дæ. Фæбæлвырд кæн дæ хъуыддаг. Науæд ды дардæй оххытæ кæндзы- нæ, исчи та йæ йæ фæрныг хæдзармæ акæндзæн. Æма? уæд уым Асинет цы аххосджын уыдзæн. Уый цæмæй зыдта, ды йыл... Хетæгмæ раст фæкастысты Хазбийы ныхæстæ. Фæ- лæ, уæддæр; Асинетæн йæ зæрдæйы сусæг фæндон рар- гом кæна, ахæм ныфс æм никуы разындзæн. «Æмæ йын, æниу, цы дзурон, фидарæй йæ куы зонын, мæ амонд нæу», — хъуыды кодта йæхинымæр, фæлæ зæгъ- гæ та кодта: — Хазби, Асинет æрвон тыгъдады æгæр бæрзонд ран ис. Уырдæм мæ хуызæн адæймаг никуы сæххæс- дзæн. Гъе, уымæ гæсгæ æз Асинеты курджытæй никæй развæндагыл лæууын. Табуафси, кæд дæ хъул сах аОа- да, уæд мæ-иу дæхицæн къухылхæцæг акæн’. Изæрмилтæ кодта, афтæ Хетæг машинæ æрурæдта сæ уæтæры раз. Уæтæры фарсмæ уыд дзыхъхъынног «Волгæ». Мидæгæй сæм рауадысты Аронитæ. Тынг æх- сызгон сын уыдис сæрдары фæзынд. Цыма сæ рагæй нал федта, уыйау сын зæрдиагæй сæ къухтыл ныххæ- цыд æмæ сын, «Волгæ»-мæ кæсгæйæ, мидæмæ ацамыд- та: фарны уазджытæ нæм ис областæй. Хазби, бригадæ цы ног бæстыхай сарæзта, ууыл йа- цæст ахаста æмæ сын райгондæй загъта—«хуыздæр фæут». Ахæм бæстыхайы цæрæн нс горæты дæр. — Уæдæ уæм облæстæй уазджытæ ис, зæгъыс? Æмæ сæ истæмæй фæхынцын уæ бон у? — Уымæй дын уадиссаг нæ раппæлдзыстæм. На, хæлцы бынæй рухс суагътам. Амы хуызæн хæрын зæ{>> дæ никуы агуры. Хъызлары цардæн ис æртæ фæткьт; бакуыстай, бахордтай, (схуыссыдтæ. Кусыс райсомæй изæрмæ, нæ дзы фæллайыс, фынæй кæныс изæрæй бон- 105
мæ, нæ дзы æфсæдыс, дæхи афтæ хатыс, цыма курорты дæ. — Хос кæрдынмæ нæма бавнæлдтат? — Фæуынмæ куы хъавæм, Хазби, уæд цытæ дзурыс. Æркарстам цыппар сæдæ цъерийы бæрц. — Цыппар сæдæйы? — бадис кодта Хазби. — Мæ мад, мæ фыдыстæн — цыппар сæдæйы... — Марадз, уæдæ, лæппутæн зæгъ æмæ машииæ рав- дæлон кæной... Ахæм уæлахизы тыххæй фæйиæ бана- зын æмбæлы. Дурынтæ ма ныцъцъæл кæнут. Æз уаз- джытæм бакæсон. Хазби къæсæрæй л<уыддæр бакаст, афтæ ауыдта Владимир Владимпровичьг фынджы фарсмæ. Уый цæ- уылдæр зæрдиагæй ныхас кодта фыййæуттимæ. — Гъæ, Хазби, æгайтма фæзындтæ, — йæ къух ын райста Владимир Владимирович.—Хуыздæр фæу, хуыздæр. Адæймагæн йæ фæсфæд цы аргъ фæкæнынц, уый йæ лæджыхъæдæн вæййы уæлдай ирддæр æвди- сæн. Раст нæ зæгъьш, лæппутæ? Фæсивæд сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой. — Цы фарны къах сæм бавæрдтай, дæ хорзæхæй. дæуæй æппæлын йеттæмæ куы ницы кусынц. — Ницы кусынц, зæгъыс, Владимир Владимирович? Уæдæ ацы зæрдæмæдзæугæ агъуыст чи сарæзта. Фароп дæр ма ацы бынаты ахæм къæс уыд æмæ зæрдæ мæ- гуыр кодта йæ уындæй. Цæмæн æппæлынц мæнæй? Æз ам мур дæр ницы сарæзтон. Мæнæ сæ зæрдæ се ’вди- сæн, иу зæгæл дæр нæ ныкъкъуырдтон ацы бæстыхайы ’ къулты. — Æмæ тракторæй æхсæв-бонмæ дæр нæ фæхуым кодтай? — бауырдыг æм Владимир Владимирович. —Владимир Владимирович, уæны кæсын зоньк,. мыййаг? — Уæны нæ, фæлæ бæрзонд къуылдыммæ æппæт дæр хуьГздæр зыны. Чи уыдис, чи, уыцы тракторист, Тлаттаты Черменау йæ конд хуым цæхгæрмæ кæмæн бакодтай? Хетæджы хъустæ асырх сты. — Фылдæр нæм куы уаид уый хуызæн сыгъдæг- зæрдæ кусджытæ! — раппæлыд Хазби.. 1 — Фарн дæм бадзурæд, фæлæ уыцы тракторист ма. нæ æз уыдтæн! — æфсæрмгæнгæ йæм бадзырдта Хетæг. — Фæсивæд, уазджыты раз фынг авæрут, — адзырд- 106
та Ароп, —хъæуæй нæм æнæхъæн машинæ хуынтæ æрластой, — йæ къухы цы дурын æмæ урс кæттагæй дзæбæх баст тыхтон уыдис, уыдон фынгыл æрæвæрдта. Хетæг айхæлдта тыхтон. Разынд дзы карчы мард, уæливыхтæ. Уæдмæ фынгмæ æрбацыд æндæр хуынт^ дæр. Хъызлары тыгъд быдыры Æнгузджыны хъæуы «Сæу- æхсид»-ы колхозы фыййæутты цæрæн хæдзары адæмы сомбоны рæсугъддæр хъуыддагыл иузæрдыг адæймæ1- ты фæрныг къухы ирон сыкъа йæхи уæлуæз систа æмæ дзы куывтой куыстуарзаг сыгъзæрин къухтæн, цæмæй æдзухдæр адæмæн аразой фарны хъуыддæгтæ, цæмæй сæ хидвæллойæ æдзæрæг быдырты гуыра амондджын цард. Æхсæвæры фæстæ фæсивæд цымыдис кодтой бирæ цæуылдæрты, райдай нæ бæстæйы мид хъуыддæгтæй æмæ фæу дунейы уавæртыл. Владимир Владимирович, афтæ зæгъæн ис, æмæ сын дуиейы уавæрты тыххæй бакаст лекци. Дзырдта бынтоь хуымæтæг æвзагæй, фæлæ йæ ныхас уыд цымыдисон. Йæ алы дзырд дæр ын зæрдæ скъæфта, хъуыстой йæм лæмбынæг. Фæсивæд ыл сæхи нымæры дис кодтой: цас зоны, цас, зæгъгæ. — Уазджытæн баулæфын афон у, фæсивæд, æмæ сæ мауал тухæнæй марут. Райсом сæ дард æмæ зын фæндагыл цæуын хъæуы! — бамбарын кодта Арон. Владимир Владимирович æмæ Хазби хуыссыдысты фæрсæй-фæрстæм. Бирæтæ сæ уайтагъддæр афынæй сты. Иу къуымæй чидæр хырхæйфадæгау хыр-хыр кæ- нын райдыдта. Ныссабыр уат. Æрмæст ма суанг æнафæтты дæр хъуыст Владимир Владимирович æмæ Хазбийы ныхас. Уыдон дзырдтой ныллæг хъæлæсæй. Растдæр зæгъгæйæ та Владимир Владимировичы фарстытæн Хазби лæ- вæрдта дзуаппытæ. «Хуыздæр фæу», налдæр хатты Ароны хъус ацахс- та Владимир Владнмировичы ныхас. Фæлæ-иу Хазби уайтагъд фæцырд: «Æз цы, адæм сты хъуыддагара- зæг»... Диссаджы сыгъдæгзæрдæ адæм. Кус æмæ цæр цæрæнбонты семæ, уæддæр нæ бафсæддзынæ нæдæр ку- сынæй, нæдæр цæрынæй — Чи у, дæ хорзæхæй, уыцы Дзиу та, дæ базарады хъуыддаг кæй бæоны бакодтап? 107
«Ау, ай æцæг зоны æппæт дæр?» — фæцымыдис Хаз- би. Дзиу йæ дæлæвзаг рауай-бауай кодта... Исдуг са- гъæсыл фæцис, зæгъгæ, йын æцæг, Дзиу чи у, уый зæ- .гьон æви нæ. \ — Владимир Владимирович, — райдыдта Хазби, — адæймагыл æууæндын у гуманизмы хуыздæр миниуджы- тæй иу. Нæ практикæйы хаттæй-хатт æмбæлæм ахæм мийыл: адæймаг адзæгъæл йæ раст фæндагæй. Мах æм афоныл нæ бадаргъ кæнæм нæ къух, нæ йæ ракæнæм раст фæндагмæ, фæлæ йæ райдайæм хойын. Ахæм ми фыдракæндæй уæлдай нæу. Лæг тулын райдайы йе сæф- ты фæндагыл бонæй-бон арфдæр æмæ æппынфæстаг -цъымарайы аныгъуылы йæ хъуырмæ. Æрæджиау ма бæргæ бамбарæм нæ рæдыд, фæлæ... — Разы дæн демæ, Хазби. Фæлæ гæнæн ис æмæ ахæм -рæстæджы.рæдигæ дæр фæкæнæм. Æниу мæм уыцы Дзиу æд æхца куы бамидæг обкомы, уæд банчы хицауимæ баныхас кодтам æмæ нын сæ уый йæхæдæг нæ бауагъта банкмæ бахæссын. Рагацау, дам, уæ фæдзæхсын, банчы сæ нывæрдтат, иу сом уын дзы фæстæмæ раттын мæ бон нал бауыдзæн. Бирæ хæстæ, дам, дары «Сæуæх- сид»-ы колхоз. Æниу мæм, æргом дзырды къæм нæй, алыранæй дæр йæхион чи ратона, ахæм фæкаст уы- цы Дзиу. Торджы кусджытæй тыхæй тонæгау ракодта дыккаг дукани, — Хазби бамбæрста, Владимир Влади- мирович кæй бахудти, — хъæуы нæ нырма Дзиуы хуы- зæн кусджытæ дæр. Бирæ хъуыддæгтæн æнæгуырысхо- йæ æмбæлы, цæмæй тулой æнæкъуылымпыйæ. Фæлæ нæ фæтулынц цыдæр æбæрæг аххосты тыххæй. Ахæм рæстæджы куы фæзынынц Дзиутæ, уæд æнцонæй ату- лынц, канд тулын кæмæн æмбæлы, уыдон нæ, фæлæ кæ- мæн не ’мбæлы, уыдон дæр. — Цæмæн, цæмæн, Владимир Владимирович, — æр- бамæсты Хазби. — Нæ зонын, — æбæрæг дзуапп радта Владимир Владимирович. , Хазби бамбæрста йе ’мныхасгæнæджы афтæ, зæгъгæ, у’ый зоны æппæт дæр„ фæлæ йæ нæ фæнды дарддæр ацы фарстыл дзурын. Æрæджиау ма Хазбийы уæддæр ба- фæдзæхста: — Уæддæр дæ хъус дар уыцы хъæды рæмпæгмæ, фадат ын куы фæуа, уæд, миййаг... — загъта секретарь 108
æмæ афарста: — Фæллойбонмæ дæм исты æрхаудзæн ацы аз? —Рагацау куыд банымадтам, афтæмæй дыууæ ки- лограммы мæнæу, 3—нартхор, 30 капеччы — æхца. — Уæзгæ фæллойбон у. Фæлæ сын ницыма радтай? — Ницы. — Цалдæр азы зæрдæрыст сты афтид фæллойбон- тæй. Иунæг уыцы дзырдæй дæр-иу бирæты зæрдæ нык- кæрзыд. Ныр сын цас сæ зæрдæ тагъддæр барухс кæ- най, уый бæрц — хуыздæр. Бацархай, цæмæй сын сæ фæллой сæ хæдзæрттæм баласай. Дæ фидæны хъуыд- дæгтæ дын амонын нæ хъæуы. Фермæтæ, фермæтæ, æмæ ноджыдæр фермæтæ. Æипæт фермæты куыст дæр нывыл раца’разын хъæуы. Тынг мæ фæнды, Хазби, хæхбæсты хуыздæр колхозæн дæнцæгæн куы хæссиккой дæу. Уы- мæн æмæ уый аккаг куыстæн ды фидар бындур æрæ- вæрдтай. Бахынцын хъæуы ацы аз дæр, фæлæ уæлдай тынгдæр та фидæнмæ, цæмæй колхозы раззагондæр- тæй æнæрæвдыд мачи баззайа. Иуæй-иуты дзы бавди- сын хъæуы паддзахадон хæрзиуджытæ райсынмæ дæр. Æппæт хъуыддæгтæ дæр аразын хъæуы афтæ, цæмæй адæймаджы разæнгард кæной сыгъдæгзæрдæ куыстмæ, хæрзиуæгон куыстмæ. — Эх, Владимир Владимирович, — батæхуды кодта Хазби, — дæу хуызæн æппæт уынæг, æппæт зонæг адæй- маг хъуамæ кусид колхозы сæрдарæй. Науæд мæнæй цæй сæрдар ис. Æз сыгъдæгзæрдæйæ цыдтæн колхо- зæн баххуыс кæнынмæ. Æнхъæл уыдтæн, кусдзынæи трактористæй, гъе мын исты фермæ мæ бæрны бакæн- дзысты, фæлæ сæрдарæй агæпп кæндзынæн, уый æн- хъæл мæ фыны дæр нæ уыдтæн. — Бирæ зонындзинад алы ран дæр хъæуы. Цас — уæлдæр, уый бæрц — фылдæр. Æниу та сæм куы тыр- най, райсдзынæ сæ алы раи дæр. Æнхъæл дæн, фæсау- уонмæ ахуыр кæныс Цветметы институты? — О, æртыккаг курсы. — Æмæ, исты дын æнтысы? — Нæ хъаст кæнын. Фæлæ сфæнд кодтон хъæууон- хæдзарадон институтмæ раивын. — Мæ зæрдæмæ цæуы дæ фæнд, фæлæ дæ ныййар- джыты бафарстай? — Нæ! — цыбыр дзуапп радта Хазби. — Æмбæлы сæ бафæрсын. Ардæм куы цыдтæ, уæд- 109
дæр сæ нæ бафарстай. Уый хорз нæу. Ныййарджытæ сæ цоты уый тыххæй нæ фæхъомыл кæнынц, цæмæй сæ уый фæстæ хъуыды дæр ма кæной. — Бахатыр кæн. Аххос мæхимæ исын. — Бараст æй хъæуы афоныл. Дæ мадæн дæр æн- , цондæр уыдзæн. Хазби бамбæрста, йæ мад суанг Владимир Влади- мировичæн дæр кæй рахъаст кодта. Фæлæ йæхи сæ разы сраст кæндзæн, зæгъгæ, уый тыххæй ницыуал загъ- та. Уымæн æмæ зыдта йæ аххос. Æппынфæстаг фес- къ^ыд дыууæ адæймаджы ныхас. Ныссабыр къæс. Æд- дейæ — сабыр. Æгуыппæг арвыл-иу мигъы къæм нæй. Бæрæг у, райсом та хур кæй ныккæсдзæн Хъызлары быдыртæм йæ зынг цæстæй. Фæлæ уый хосдзауты нæ бауромдзæн. Уыдон æзхуыздæронæй цæттæ кæндзысты сæ фосы дзугтæн даргк зымæгмæ хæрзгъæд холлаг. Тарф фынæй кæны Хазби дæр. Æмæ уадз æмæ кæ- нæд. Райсом та куы ’рбалæууа бон, уæд^та Хъызларæй хохмæ даргъ æмæ зын фæндагыл тæхдзæн уæзласæн машинæйы. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсынц стыр хъуыд- дæгтæ. Адæмы бæрн, адæмы æууæнк уæззау уаргъ у æвзонг лæппуйæн. Фæлæ уæззаудæр уавæры уыдис Алыгкаты Хазби Дыууæ доны астæу. Уырны нæ, Хазби цы симды бацыд, уым рæсугъдæй кæй асимдзæн кæ- ронмæ. 110
гыцци Дæ мæрдон рынтæ бахæрон, гыцци! Цыма ды куы нæ уыдаис, уæд цы уыдаиккой нæ бинонтæ. Уæлдайдæр. æз, дæ зынгхуыст хъæбулы хъæбул Сæрмæт. — Æххæст дыл æртæ азы дæр нæ цыд, афтæ дæ ра- хастон мæ хъæбысы уæлбæхæй Цъубены хъæуæй За- хъормæ, — райдыдта мæ сабибонты таурæгъ г.ыцци. — Уас цы загъдæуа дæ фыд Иласæн, дæ мады амæлæты фæстæ^йæ сывæллæтты мæт æмæ сагъæс йæ сæйраг кой кæмайн не.систы. Уæ хæдзар;, мыды чыргъæды дзаг гуыл- тау, ай-циу ай-циу кодта. Дæу æмæ дæкæсдæр æфсымæр Дзыбыны кой куы нæ кæнæм (ууыл уæд æххæст афæдз дæр нæма цыд), уæд иннæ сывæллæттæ (дæ дыууæ хисдæр æфсымæры Уасо æмæ Илья. стæй дæ иунæг хо Ева) цумахъом уыдысты. Фæлæ уæ мады амæлæты фæстæ фыд йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста. Ферох сты хæ- дзар, сывæллæттæ. Бафтыд нозтыл. Исты йæ къухы нæ уыдис, мыййаг... Тæккæ Лехурайы дон йæ къæдз-мæдзытæ фæндагыл Цъолды донимæ кæм иу кодта, Цъубены дæллаг фарс, уым Цъалайы иу чысыл фæзуаты дардта хæрæндон. Иæ бакомкоммæ та уыдис Димойы дукани. Сæ фарс- мæ — бæрцæй æртæ хæдзары. Дыууæ комы цы адæм цыдысты быдираг хъæутæ æмæ горæттæм, стæй фæстæ- мæ хæхбæстæм, уыдонæн сæ фæндаг уыдис Димойы дуканийыл, дæ фыды хæрæндоныл, уæлдайдæр та æна- фоны бæлццæттæн. Чысыл, ныллæг хъæдынкъул хæдзары æвæрд уы- дис æдæппæтæй фараст дæргъæццон стъолы — хуымæ- тæджы фæйнæджытæй арæзт. Сæ райдианы хуыз сын ничи рахатыдаид. Цалдæр азы дæргъы расыг лæгтæ æмæ бæлццæттæ сæ тых кæуыл æвзæрстой æмæ читт дæр чи нæ фæкодта, уыдон, æвæццæгæн, тулдз фæйнæ- джытæй арæзт уыдысты. 111
Цыдысты чысыл хæрæндонмæ бæлццæттæ. Уæлдай- дæр, карз зымæджы, къахфæндæгтыл бафæллайгæйæ, сæхи æппæрстой ардæм. Канд хъарм хæринаджы тых- хæй нæ, фæлæ зын уыд æвæндаг хæхбæсты хъæутæм астæумæ миты лæгæрдын. Рихъе фæндæгтыл-иу баста- дысты бæхæй-лæгæй æмæ уый фæстæ чи хаста йæ ныфс ахæм уæззау фæндæгтыл цæуын: иуæй æххормаг бал- бирæгътæй, аннæмæй та, искæй æнамонддзинадыл йæ цард чи фæаразы, ахæм саузæрдæ хуыснæджытæй. Кæм та хæххон къахфæндæгтыл хъамайы фындзæй гæрстой развæндаг, цæмæй æнæнхъæлæджы дзода митыл ма фæ- бырой æмæ сæрсæфæн комы ма стæлфой. Гъе, уымæ гæстæ-иу сæ сæр баппæрстой ацы чысыл хæрæндонмæ. Æрвылхатт дæр дзы къухбакæнæн нæ уыд адæмæй. Фæллад бæлццонæн та цас хъæуы? Иæхи бахъарм кодта зест пецы фарсмæ. Уæлдайдæр, фистæг бæлццæтты бирæ рахиз-бахиз хъуыд рихъе фæндæгтыл æнæхид доны сæрты, гъе та-иу лæгæрстой сæлæф миты æмæ-иу уæрагæй дæлæмæ хæлафы фадгуытæй, къохо,- дзийæ уыдысты хуылыдз. Бирæтæ-иу сæ къоходзитæ^ феппæрстой æд фæсал æмæ сæ хус кодтой зынг пецы фарсмæ. Сæ хæлæфты хуылыдз фадгуыты, къуымбил цъындаты уымæл тæф, хæрæмигъау, бадт сæ сæрмæ. Æнафоны бæлццæттæ, æнæдзургæйæ, æмбæрстой кæрæ- дзи. Пецы фарсмæ тыхстдæртæн кæддæриддæр лæвæрд- той бынат. Дæхи иу-чысыл бахъарм кодтай, уæд æрдæг- сурæй скæн дæ къахы дарæс æмæ стъолы фарсмæ æр- бад. Кæд хæрæндоны уыд алыгъуызон сæнтæ, уæддæр бæлццæттæ, уæлдайдæр, зымæджы рæстæджы, фылдæр æлхæдтой арахъ. Тынгдæр та — барджытæ. Ирои лæгæн йæ бæх йæ цард у. Бæлццæттæ-иу ца- лынмæ сæ бæхтæ бафснайдтой, уæдмæ сæхи уды мæт нæ кодтой. Хæрæндонæн йæхи фарсмæ дæр уыд чысыл скъæт. Дæ фыд дзы дардта лыстæгкъах фос; фыстæ, сæгътæ, родтæ, хъыбылтæ. Уымæ гæсгæ дзы бæлццæтты бæхтæн бынат ницы уадиссагæй æнтыст. Уæлдайдæр хохаг бæхтæ—удфидар, тыхджын. Чысыл йæ фæллад суагъта, уæд йæ бон у, атона йæ рохтæ, бафсæра сы- хаг бæхы кæвдæсмæ. Ахæм рæстæг бæхтæ кæрæдзимæ фæлæбурынц дæндагæй, бавналынц армаццагæй, сæ тых фæлварынц зæвæтæй, кæд сын ныллæг скъæты сæ уæнгтæ айвазынæн уый бæрц* фадæттæ нæ вæййы, уæд- дæр. Бæхты хицæуттæ фæфæдис кæнынц æмæ сæ баир- 112
гъæвынц. Фидардæр бæттæнтæй сæ бабæттынц, сæ хæм- худтыл сын тофрæтæ бафтауынц сысджыимæ æмæ сæ дæндæгты æхсызгон мыртт-мыртт фæхъуысы дардмæ. Хаттæй-хатт та-иу бæхты бабастой хæрæндонмæ æввахс цæрджыты скъæтты дæр. Гыцци исдуг фæхъусГ Æвæццæгæн æй нæ фæндыд йæ зæрдæйы æрхæмттæ калын. Фæлæ уый æз æнхъæлд- тон афтæ. Уæвгæ та афтæ нæ уыд. Фæстæдæр куы фем- баргæдæр дæн, уæд бамбæрстон, мæхи гыцци йæ абоны цардæй нæ, фæлæ йæ ивгъуыды цардæй кæй цæры, уый. Фехъуыстаис Нахъиты хъæу. Уый Чысангомы хæх- бæсты хъæутæй иу у. Уырдыгон Къудухты чызг уыд мæхи гыцци. Куыд, кæд æмæ цы амалæй базонгæ йæ сæрыхицау Плиты Цуцаимæ, уый нæ зонын, фæлæ йæ хатын зæрдæаивæй. Лехурагомыхъæутæ сæ фосæдзухæй дæр скъæрдтой хæхбæсты сæрвæттæм хизынмæ сæрды райдианæй суанг æрæгвæззæгмæ. Иннæ фыййæуттимæ абаргæйæ, Цуца цæстахадгæ нæлгоймаг уыди. Бæрзонд, фидæрттæарæзт, гуырвидыц, саджы фисынтыл амад- Иаё сæрыл — къæбæлдзыг, урс фысдзарм худ, йæ ас- тæуыл — фæтæнком сау хъама, морæ фæсмын хæдоп æмæ хæлаф — йæ уæлæ, къæхтыл чысайнаг хъулон цъындатæ, æлдыгъгонд урсфæлурс гуырдзиаг къоходзи- тæ, йæ къухты даргъ фиййа’уы лæдзæг. йæ къадзони- имæ, йæ мыдгъуыз цæстыты сыгъд æнахуыр тыхæй хи- мæлвасæг цырæгътæ. Цы ма хъæуы æндæр, стыр дунейæ иппæрд чи у, уыцы хохаг чызджы зæрдæ фæсæтты- нæн? Баци мæхи гыцци Цуцайы амонд, Плиты чындз. Цы хæдзармæ æрцыд, уымæй цы хъуамæ загътаид? Сæ- химæ, хохы йæ фыды хæдзары халдих уыд. Сыджыт- бын, сыджыт уæлхæдзар. Иу уаты цардысты бинонтæ, йæфарсмæ скъæт — хъомдон. Ам конд уыдысты дыууæ галы, дуцгæ хъуг, иу хæлдрагъ бæх æмæ фарон æмæ ацы азы дыууæ роды. Скъæты фарсмæ — сæгъдон. Фыс- тæ æмæ сæгътæ иумæ конд уыдысты. Уымæй дзы фыс- тæ уыд иу æмæ ссæдз, сæгътæ та æрмæстдæр фараст. Фæлæ йæ уæддæр сæгъдон хуыдтой. Цæвиттон, ацы хæ- дзармæ хъæубæсты иннæ цæрджыты хъауджыдæр сæгъ- тæ бирæ фылдæр уыдис. Фæлæ фæзынд сæгъниз æма> сын фæцагъды сты. Фæлæ скъæты ном уæддæр сæгъ- донæй баззад. Хæдзары рахисфарс—зыгуымдон, йæ фæстæ—чысыл мус. Хъæубæсты мидæг хæдзар нæ уыд хъæздгуытыл нымад/ фæлæ нæ уыд мæгуыртæй дæр. 8. Хацырты С. 113
Иу-æртæ бонгæнды сæм уыд хъугомы зæхх, Цъалайы — чысыл цæхæрадон, дыргъбæлæстæ ’мхæццæ, Рагъьг дз’уары цур — сысджыйы хуымы гæппæл. Хъæуы сæр- мæ къуыбырд^кын — нæуу æмæ ныллæг къутæртæ. Фыл- дæр дзы уæлыгæстæ хызтой сæныччытæ æмæ уæрыччьь тæ. Уымæй чысыл уæлдæр — хъæубæсты мæсыг. Йæ тæккæ астæу сзади ставд-зæнг сусхъæд бæлас. Иæ дæл- лагварс йæхимидæг абузы сатæгсау суадон. Мæсыджы скомкоммæ Цуцайæн — хъаймаг нартхоры зæхх. Тæккæ хъæды дзыхы уыд æмæ-иу нартхоры фылдæр хай ба- хордтой боныгон Хиуатæ, æхсæвыгон та зыгъарджытæ, хъæддаг хуытæ, æрсытæ. Фæлæ йæ æнæбакæнгæ уæд- дæр никуы ныууагъта: æфсиртæй дæр дзы-иу куыннæ æрбафтыд, фæлæ йæ хъæллæгъты къонатæ уыдысты холладжы хъаймаг хай. Хохаг ирон лæджы хæдзары куыстытæ къуоалма* сты, уæлдайдæр уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг. Адæймаг йæ къухтæм æмхасæнтæ фæкæны. Фæлæ мæхи гыццийы æрцыд фæзынд Плиты хæдзарыл.^ Цуца зæры бонмæ дæр йæ фыййауы лæдзæг н.æ аппæрста. Хæдзары уæз æнæхъæнæй дæр æрæнцад мæ гыццийы уæхсчытыл. Уæлдайдæр йæ рынчын æфсины амæлæга фæстæ, чи йын бацамыдтаид, кæй афарстаид зондæй, хæдзары ни- чи уыд ахæм. Æппæт дæр каст йæхимæ. Æмæ уый та> х адæм куыд æнхъæл уыдысты, разынд ахæм удвидар адæймаг. Уый канд куыстытыл æххæсгæ нæ кодта, фæ- лæ ма сыл ноджыдæр бафтыдта. Рагъы дзуары фарсмæ сын цы зæххы гæппæл уыд, уый сысджы куы карстой æхсырфæй Цуцаимæ, уæд йæ лæгæн загъта: — Диссаджы хорз ахо у, фæлæ йæ зæхх — мæгуыр. Иæ сысджыйы зæнг æрмæринæй даргъдæр нæу. — Бæргæ йæ ’мбарын, фæлæ хъугæмттæм дæр ты- хæйты аласæм фаджыс, уæд ацы- мæгуыр зæхх цæмæй схъацæн кæнæм. Галтæ дæлейæ уæлæмæ афтид дзоныгъ тыхæй куы фæласынц. — Ам, æвæдаа, мæ фыды зонд бабæздзæн. Махæн дæр уыд. ахæм мæгуыр зæххытæ, фæлæ сæ сæрд-сæрд- дæргъы мæ фыд фос фæдары æмæ уыцы зæххытæн сæ хор тугыл аскъуыйы. ’Акæс-ма, фæйнæрдæм ыл цас ахæ- Цæн ис. Уæдæ йæ ’алфæмблайы ис фосы хизæнтæ дæр. Боны тыхджын хурæй аууæтты кæм баривæд кæной, ис дзы ахæм сатæг бынæттæ дæр. Иу фыр ачъепп кæ- нын дæ цæст бауарзæд... 114
Зиу ракодтам, йæ алыварс лыстæг хъæд, къудзитæ ныццагътам, хъæд зымæджы — сугæн, ахо та фæуыдзæк цæсты ахадгæдæр, Гыццийы руаджы фестырдæр кодтой Цъалайы цæхæ- радон дæр. Ноджы дзы ныссагъта æнгуз, кæрдо, фæт- къуы, чылауийы талатæ. Бæрзонд кау ын сбыдтой йæ алыварс. «Хорз лæг дæ, —- хъазгæмхасæн фелхыскъ кодта Цу- цайы, — фæлæ, де ’гæрылæй, дыууæ чъеурийы фаг цæу дæ мус, кæнæ уый цавæр зыгуымдон у? Зыгуымдон нæ> фæлæ цъиуы ахстон». Бонтæ цыдысты, азтæ кæрæдзн ивтой. Ивындзинæд- тæ хастой Цуцайы хæдзармæ дæр. Канд йе. ’фсинæй нæ рухс кодта йæ зæрдæ, — сæрæн каистæ йын уыдис... Æрмæстдæр сæм-иу мæхи гыцци фæхабар кодтаид,— лæгæвзæрстæй цыдысты Захъормæ. Æмæ афтæ æр- вылаз дæр. Зиууонтæн кæддæриддæр — кусарт, хорз минас. Хъæубæстæм уыцы хъуыддаг хардзау каст æмæ Къудухонæн хъазгæмхас бауайдзæф кодтой; дæ хорз мыггаджы цæрæнбон бирæ, фæлæ мах дæр, къæм кæ- уыл абада, ахæм дзыхъылæуд адæм не стæм. Плитæн сæ сæрты маргъ атæхын нæ уæнды, сæ бынты мæлдзыг абырын, — цæмæн цæуыс нæ хъыджы? Цуца не ’фсы- мæр у æви ныл дæ зæрдæ истæмæй худы?» «Фæлтау мæ зынгхуыст куы федтаиккат, — йæ ны- хæстæ загъта ’кæсдæртæн, хисдæртæм уайсадгæ кодта, цæмæй сын йæ ныхас бамбарын кæной, — сæрды ам алчи йæ къухтæм æмхасæнтæ фæкæны, ’иæхи куысты- тæй къубалмæ вæййы æмæ ма уæ æз та цы тыхсын кæ- нон?.. Æнæуьщ та уæ стыр бузныг дæн, зиуы бонты нæм кæй фæзындыстут, уый тыххæй». Фæлæ мæхи гыццийы лæгдзинæдтæ фæстæдæр но- джы тынгдæр фæбæрæг сты. Цæвиттон, йæ цæгат фос- джын адæм уыдысты. Æрмæст фыстæ сæм дыууæ мин сæры уыд. Гъемæ, хæдзары æфсинты арæхстдзинад æмбисондæн баззад. Сæрд фос дуцынц, æлвынынц, зы- мæджы даргъ æхсæвты æхсæвбадæнтæ кæнынц, къуым- бил пирынц, æлвисынц, цъындайаг æхснудынц, алдым- быдтæ, цъындатæ бийынц, æууæрдынц уæлæфтау ны- мæттæ æмæ нымæт худтæ. Уæргъуын къуымбилтæй уафынц тынтæ цухъхъатæн, тинтичъийæ — басыллы- хъытæн. Къонайыл та арты фарсмæ стыр хъуырауы П5
пæлхъ-пæлхъæй фыцы хъæдур. Иæ æхцон тæф фындзы- хуынчъытæ агайы. Сылгоймæгты æхсæвбадæнты гыццийы æрмдзæф дардта уæлдай бæрæгдæр. Тæхуды йæм кодтой иууыл- дæр. Ныллæг, тъæпæн къуыдырыл-иу æрбадт. Йæ уæр- джытыл — хъæдын къус, йæ къухы — æлхуи æмæ уæ- дæртт, йæ фарсмæ, цыхауийы — пирæнгæмтты рæ дзагъд; уымæй размæ сæ уырзæй февзæрста, æрдынæй сæ сцагъта, бапырдта. Йæ амонæн æмæ хисдæр æн- гуылдзæй куы аздухы æлхуи, уæд уый цъилау фæзилы хъæдын къусы æмæ пирæнгомæй мæхи гыцци уадзы даргъ хæлттæ, уысмæй-уысммæ сæ æрбатухы уæдæртты уæлейæты æлхуыйыл. Гыцци ныр Плитæм хисдæр чын- дзыл нымад у. Дыууæ лæппу æмæ йын иу чызг ис. Лæп- путы хисдæр — Максим, йæ кæсдæр — Лексо, стæй та — Сона. Æхсæвбадæнтæ-иу бирæ хатт фыццаг кæркуасæн- тæм адаргъ сты. Нæ-иу куымдтой хуыссын Максймитæ дæр. Æмбисæхсæвтæй фæстæмæ-иу æркув-æркув код- той. Куы та-иу æд пысултæ нымæттыл "бафынæй сты. Фæлæ-иу уыдонæн дæр изæры рагацау гыцци куыст ссардта. Нартхоры æфсиртæ сын-иу сæ къухты ныссагъ- та, загъта сын-иу: — Хъæбултæ, кæсут, цас уазджытæ нæм ис. Мæн не ’вдæлы, фæлæ сымах згъалгæ ут æфсиртæ æмæ нын тæвд фæнычы скæнут пустъатæ. Мæхи зондджын гыцци барæй «ссардта» ахæм куыст, цæмæй сывæллæттæ æхсæвбадæнгæнджыты ’хсæнты ма ратæх-батæх кæной, ма сæ хъыгдарой. Са- биты дæр ма æндæр цычхъуыд, згъæлстой нартхоры æф- сиртæ, цæхæры кæрæтты цы къæйдуртæ æвæрд уыд, уы- донæй иуыл æркалдтой сæ нартхоры гагатæ, цæхæры кæрæтты тæвд фæнык сыл, лыстæг зынджы стъæлфæн- тимæ ’ хæццæйæ, рахафтой. Иу-цалдæр уысмы фæстæ фæнычы хуылфы хæлын райдыдтой нæмгуытæ. Сарæх сты тъуппытæ. Чысыл раздæр ам бурбып чи дардта, уы- дон урс миты тъыфылтæй, фæнык спырх кæнгæйæ, тах- тысты уæлдæфмæ, стæй-иу уæззаугай фæлмæн фæнычы 1сæр æрбадтысты. Сабитæ сæм гæппæввонгæй лæууыды- ,сты æмæ сæ уыгътой. Максим æмæ Лексо — сæхудтæм, (Сона, — йæ къабайы фæдджимæ. Фæлæ цæкуытæ фæс- ’тагмæ бирæгæйттæй рæмыгътой æмæ фæнычы уæлæ зындысты сæрдыгон фæлмæн уарыны дыккаг бон нъæх нæууыл сзайæг зокъоты хуртуаны хуызæн. Сæ уидзы- 116
ныл нал тых кодтой. Лексо та нартхоры нæмгуытæй уыгъта æрмæстдæр се ставд пустъатæ, иннæтæм æв- налгæ дæр нæ кодта. Лæппутæ иуварс ацыдысты, фæ- лæ ма Сона уæддæр фæнык размæнт-базмæнт кодта, уыгъта нартхоры нæмгуытæ. Гъеныр дзы нал ис, зæгъ- гæ, куы сдзырдта чызгмæ йæ зæрдæ,, уæд хъарм фæнык басчъил кодта цæхæры ’рдæм. Иæ цæкуытæ хъæдьш къусы ныккодта æмæ сæ йæ гыццийы цур æрæвæрдта. Мад йæ чызджы ныхæн апъа кодта, уадз сæ дæхицæн, зæгъгæ, йын загъта. Фæлæ дзы Сона чысыл муцъийы- дзаг систа æмæ йæ мады хъусы цыдæр бадзырдта. Уый йын сæры тылдæй «о» загъта æмæ чызг иуварс ацыд. Хъæдын къусы йæ пуст’ъаты иу хай æркодта Максим дæр. — Сæ цардæй бафсæд, К’ьудухон, дæхи хуызæн адæмуарзон, сæрæн хъæбултæ хъомыл кæныс, — арфæ- тæ йын кодтой æхсæвбадджытæ æмæ цæкуытæй истой, алкæмæ дæр .дзы куыд æрхауа, афтæ. «Сæрæн х’&æбултæ» йæхинымæры аЯЪуыды кодта гыцци æмæ Лексомæ уайдзæфгæнæджы цæстæй бакаст. Уый рæстæгæй-рæстæгмæ иста йæ худæй пустъатæ æмæ сæ йæ дзыхмæ калдта. Цыдæр хин худт-иу бакодта æх- сæвбадджытæм. «Нæ, ацы сывæллонмæ Къудухонæй ницы ис. Сыгъ- дæгæйдæр у йæ фыды фыды халдих», — хъуыды кодтой ацæргæдæр устытæ Цуцайы фыд Мухтары. Хуыдтой йæ мæрддзæст. Дыууæ куыдзæн холлаг чи нæ ныккодтаид, ахæм. Гыцци йæ нал æрæййæфта. Иæ чындзы æрцыдæй æртæ азы раздæр амард. Гъемæ ныр йæ мæрдон уды- хъæд Лексойы хуылфы бацард æгасæйдæр. Гыцци йæ фыдахин лæппу Лексойæн бирæ хæттыты амыдта, афтæ нæ бæззы, зæгъгæ. Фæлæ Лексо къæрттæй цъула не ’ппæрста. Гыцци мæсты кодта Лексойы ахæм уагахасты тыххæй, фæлæ йе ’нæзногæ Мухтары мæрдты бæстæ,м ралгъитын йæ цæст никуы бауарзта. Уый нæ, фæлæ-иу мæрдты бон кæрдзынтæ куы скодта, рухс-иу куы кодта йæ хицау æмæ йе ’фсинæн, уæд-иу зæронд лæгмæ, лæгъ- стæгæнæгау, хатыд: «Мæрдты бæстæй хæрзаудæн кæн дæ хъæбулы хъæбултыл». Фæзынд Сона чысыл æлхуи, чысыл уæдæртт æмæ хъæдын къусимæ. Æрбадт йæ мады аууон, æхсæвбад- джытæй æфсæрмы кодта. Гыцци йын пирæнгомы æм’бис йæ къухты фæсагъта æмæ чысыл æлхуи æмæ уæдæртт 117
уайтагъддæр, цъилау, зилын райдыдтой чысыл хъæдын къусы. Максим ма иу-чысыл абадт, стæй бацагуырдта йæ лыстæн. Лексойæн йæ пустъатæ хæрд куы фесты, уæд ацагъта йæ худ, ныхыл æй арфдæр æрсагъта, цæмæй йæ цырагъы рухс ма хъыгдара æмæ цæджындзыл ба- къул кодта йæ~сæр. Гыцци йæм цалдæр хатты сдзырдта, дæ пысултæ ралас æмæ дæ хуыссæны схуысс. зæгъгæ. Фæлæ, марадз зæгъ, нæ бакоммæ каст. Иу-дзæвгар æр- кув-æркув кодта, стæй æд пысултæ бафынæй. Гыцци фæуагъта йе ’лвисын, сыстад æмæ фыдахик Лексойы йæ хуыссæнмæ бахаста... Сона, гыцци куы сыстад йæ цурæй, уæд йе ’лвисын фæуагъта, фæлæ йæ чысыл æлхуыйы гуыбын ракъуыпп дардта. Булацон ын айста йе ’лхуи, æркаст æм цымь«- дисæй, йæ цæсгом барухс: «Гъе, дæ сæрыл мæ æрхæс- сай, дæ чысыл къухты фæхъхъау фæуон... Æркæсут-ма, æркæсут, Къудухоны чысыл хуры тынмæ, алдымбыды аккаг нæу йæ сыгъзæрин къухты фæллой?..» Сонайы æлхуи æд æлвыст цыд къухæй къухмæ, - кодтой йыл «тпу-тпу», цæстæй дын хай ма уæд, зæгъгæ. Гыцци куы бабæстон кодта йæ лæппуйы, уæд федта, уæдæй нырмæ къонайы арты фарсмæ пæлхъ-пæлхъæй чи фыхт, уыцы гуыбынджын хъуырауы. Хъæдуртæ уы- дысты фых. Сцъæл сæ кодта цымæйарæзт фондзсион цъæлгæнæнæй. Ныккодта йыл цæхх, цывзы, хъонтхо- райы хустæ. Къонайы арт æрнымæгдæр. Гыцци йын йæ дæхæр басхъаудта, æрæвæрдта йыл тæрс суджы дыууæ- æртæ лыггаджы, хъуырау чысыл æддæдæр ракодта æмæ та æрбадт йе ^лвисыныл. Гыццийы æрбадт уæлдай æхсызгондæр уыд Сона- йæн, йæ мад та йæ йæ аууон кæй бакодта, æмæ та йын æлвисыны фадат кæй фæцис, уымæй. — Уæд та иу чысыл нæ цæстытæ фæсаиккам мах дæр? — бафарста гыцци æхсæвбадджыты, бйрæтæ сæ уæнгмардæй ’ æлвисын æмæ æркув-æркув кæнын куы райдыдтой, уæд. — Мæнæн æгъгъæд фод! — загъа Булацоны файнуст Хуыбылон, йæ даргъ æлхуыйыл цы стыр æлвысты тых- тон уыд, уый армы тъæпæныл барæгау кæнгæйæ. Цыма рннæтæн уайдзаёф кодта, сымах дæр дзы сылтæ æмæ æз дæр... Къухæй-къухмæ ацыд Хуыбылоны æлхуи. Æл- выст уыд ставдгомау, æлхуыйыл лæмæгъгомау тыхт. 118
— Фарн дæм бадзурæд, мæ дзæбæх файнуст, фæ- ,лæ дыууæ фау бахæссæн ис дæ куыстмæ. ’Иуæй æгæр ставд æлвыст у, аннæмæй —уæгъд тыхт... Къуыбылой кæныны рæстæджы ахæм æлвыст пуситæ фæкæны. — Ахæм къухтæй нæ рацыд, Булацон, æмæ ме ’лвыст пуситæ кæна! — уисæн нæ кодта Хуыбылон. — Æлвисгæ бирæ бакодта Хуыбылон, стæй ставд æлвыст дæр фæкæпынц, уæлдайдæр бигæ дзаумæттæн, фæлæ дын æгæр-къуыбарджын’ у. Æмæ уый канд æл^ высты аххос нæу, фæлæ къуымбил иуæй хæрз пырд не "рцыд, аннæмæй та фæтцæгъдæны хъæстæ нæу! — йæ ныхас æргомæй загъта мæхи гыцци. — Гъе, куыд дын амардтæн, Къудухон, æрчъиты ми- дæг фæсал хъæмпæй цы къæхтæ нæ хатынц, уыдонмæ ахæмæй быд цъындатæ фæкæсдзысты тинтычъийæ фæл- мæндæр, — йæ сæрыл уæлдæр схæцгæйæ, цыдæр хин- худт б’акодта Хуыбылон. Гыцци хъæдурдзæхтон æркодта хъæдын къусты. Арæгъ-рæгъ сæ кодта арты фарсмæ. Хуынхæссæн стыр хъæдын тæбæгъы æрæвæрдта нартхоры кæрдзынтæ. Æхсæвбадджытæ фæуагътой сæ куыст æмæ къонайы алыварс фæбукъ сты. Фæзынд хисдæр сылгоймаджы къухьг чысыл сыкъайы арахъ. Уый зæрдиагæй ракуыв- та Къудухонæн: — Де ’рцæуæн бон сыгъзæрин фестæд ацы уæзæгмæ, мах афтæ чи æрбангом кодта. Иæ зонд, йæ арæхстдзи- над чи нæ хæлæг кæны йæ кæсдæртæн. Дæу руаджы нæ чындзытыл, уæлдайдæр та Плиты чызджытыл, фердæхт, арæхстдзинады тыххæй къæм ничи баппардзæн. Дæ лæгдзинад нын бирæ уæд, дæ хъæбулты цардæй баф- сæд! — Кувæг анызта йæ сыкъа. Чи ма дзы аззад, уый арты бгкалдта. Арт цыренæй спæртт кодта. — Кæсут, хъæбултæ, мах дæр уыцы хорæй рауадзæм арахъ, мах дæр уыцы хъæдуртæй сфыцæм, фæлæ Къудухоны къух кæмæ фæхæццæ вæйиы> уый ад, уый фарн æндæр у. Æмæ уыцы фарнæй хайджын ут уе ’ппæт, уæ нывонд фæуон, — зæронд ус бавнæлдта йæ хъæдурдзæхтон хæ- рынмæ. Райдыдтой хæрып иннæтæ дæр. Мæхи гыцци зæронд усмæ хатыд, иу арахъ ма баназ, зæгъгæ, фæлæ уый йæ мæрдтæй расомы кодта, иу йеттæмæ кæй нæ нуазы, уый тыххæй. Гыццийы арахъæй раппæлыд, уы- мæй иу сыкъа дæр æгæр у, зæгъгæ. Æхсæвбадджытæ фæцыдысты сæ -хæдзæрттæм. Гыц- 119
ци æмæ Сона та къустæ æхсадтой. Гыцци йæ чызгæн дзырдта, хъæбул, схуысс, ныр æнафон у, уыдон мæхæ- дæг ныхсдзынæн, зæгъгæ, фæлæ Сона нæ бакуымдта. Гыццийы æхсад къустæ къусдонмæ с&ъæфта æмæ сæ нывыл æвæрдта. Кæркдонæй райхъуыст уасæджы базырты тыхджын тъæпп-тъæпп æмæ зæлланггæнæг хъихъри, хъу-хъу. Куыдз, æвæццæгæн, фынæй кодта, "’фестъæлфыд æмæ сонтæй рæйдта. Уасæджы хъæрæн дзуапп радтой сыхаг хæдзæртты уасджытæ. Хъуытаззæл уасджыты хъæлах- ты ’хсæн фæзынд фæсусгомау чысыл хъæлæстæ. Æвæц- цæгæн, хисдæр уасджыты фæзмгæйæ, сæ хъæлæстæ фæлвæрдтой кæсдæртæ дæр. Гыцци йæ сынтæджы æруагъта йæхи. Уарзон гыцци- йы хъæбысы абырыд Сона дæр. * * * Цыдысты фæрнæйдзаг азтæ Плиты Цуцайыл йæ ус Къудухонимæ. Рæзтысты сæ дыууæ фырты æмæ иунæг чызг. Хæдзары бйрæ куыстыты иу хай æрæнцад цотыл. Максим фыццаг куы райста йæ фыды схъæлфындз цæ- вæг, уæд йæ гыццийы, цинæн кæрон нал уыд. Фæстаг аз- ты æнæразиугæнгæ никуы фесты. Гыцци йæхæдæг иу æмæ дыууæ хатты нæ райста йæ лæджы цæвæг. Иу æмæ дыууæ хатты нæ даста хъугом æмæ Рагъы хуымтæ. Йæ лæг Цуца цæвæг райсынхъом нал уыд. Цæвиттон, уыцы аз’тæккæ рагуалдзæгæй суанг фæззæгмæ дзæгæрæг хур стыр зиан ракодта æппæт зайæг халæн, хуымтæн, сæр- вæттæн. Цуцамæ бахатыдысты хъæубæсты адæм. нæ фос цагъды кæндзысты æнæхоллагæй æмæ нæ фервæзын кæн, зæгъгæ, фос аскъæр Хъызлармæ. Цуиа хорз зыдта. йæхи фос дæр кæй цагъды кæндзысты æх^ормагæй. Би- рæ хатынтæ йæм нæ бахъуыд. Ие ’рвадæлты лæппутæй дыууæимæ аскъæрдта фос. Фæлæ Хъызлары дæр, кæд фосæн хорз хизæнтæ уыд, уæддæр сæхæдæг цардысты зын фадæтты. Уæлдайдæр, Цуца аудыдта йæ кæсдæр- тыл, ма суазал уой, ма фæрынчын уой, хъæубæсты цæс- :ты йæхи ма бафтауа, ма фæкæна йæхи ’лгъыстаг, йæ ^кæсдæрты нæ бахъахъхъæдта фыдбылызæй, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ йæ сæрыл куырой зылд. Иæ удæй артцæгъ- дæн кодта. Бон ын æрбадт нæ уыд, æхсæв — æрхуыст. 120
Зæфцы фыдæй искæй фосæй цæмæн хъуамæ фæхъæуа* уæрыччы хъус дæр, зæгъгæ. Уæвгæ, Хъ’ызлары дæр зы- мæгæй зæрдæ нæ рухс кодта. Хус дымгæйæ тыхстысты? фосæй, лæгæй, куыдзæй. Цуцайыл райдыдта йæ къæрит кæрц уæа кæнын. Бирæ хæттыты-иу æй феппæрста, æмæ куыста, афтæмæй. Бацыд дзы уазал, стæгниз æй тыхсын кæнын райдыдта, афтæмæй ма йæ хæдзарыл сæмбæлд. Мæхи гыцци йæ лæджьг афтæ тыхстæй куы федта, уæд йæхицæн бынат нал ардта. «Уаих макуы фæуай, царды фæлтæрд лæг æмæ дæхи ма бавæр йунæг зы- мæг?» Цуца нæ мæсты кодта гыццийы уайдзæфтæм, фæлæ йæм буц æмæ сæрыстырæй каст. йе ’рцыдмæ йæ хæдзардарæг æфсин судзин зиан не ’руагъта хæдзарыл. Иæ фырттæ, йæ чызг цыма зынгæ фестырдæртæ сты. афтæ йæм фæкаст. Цуцайыл къæдзниз уалдзæджьг тынгдæр æртæфст. Фыййауы лæдзæг райсынхъом на^Л’ уыд. Мæхи гыцци фыййауы лæдзæг ныссагъта йæ хис- дæр фырт Максимы къухты. Йæхæдæг цыдæр хус кæр- дæджытæ рафыхта цуайнаджы, стæй сæ æнтыды стыр- боцкъайы ны’ккодта. Буар æй куыд урæдтаид, йæ дон ын афтæ сарæзта, Цуца æд мидæггаг хæлаф ныббырыд боцкъайы. Æрбадæгау дзы кодта, Гыцци йæ уæлейæ хъиссынæй æрæмбæрзта. Иучысыл ма йæ фындзы хъæл зынд æрмæстдæр. Цуца афтæ тынг рахид кодта æмæ йæ фындзы хъæлæй хиды ’ртæхтæ зæхмæ кæрæдзийы фæстæ гæр-гæр кодтой. Иуафон гыцци йæ хъæвулты арвыста скъæтмæ. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтысты, уæд- Цуца хуыссыд хъæдын сынтæлжы æмæ гыцциимæ цар- ~ды уынаффæтæ кодтой. Æмæ иугæр Цуца цæвæграйсынхъом нал уыд, уæд тыхсти гыцци, иунæгæй цы бакæндзынæн, зæгъгæ. — Гыцци, æз æй не ’мбарын, хæрæджыйас фырттæ дын куы ис, уæд цæуыл тыхсыс? Уыд дæ хæдзары иу цæвæгджын лæг, ныр та дзы ис дыууæ. Раст нæ зæгъын, Лексо? —нал фæлæууыд Максим. Лексо ахæм æнæнхъæлæджы фарстмæ не ’нхъæлмæ- каст æмæ фергъуыйау, исдуг цы загътаид, уый нæ зыд- та, стæй тыхлæмарæгау ракодта: — Тыхлæджы ныхас, фæлæ цæвæгыл куыд æрхæцыи- хъæуы, уый уæвгæ зонгæ кæныс? — Уæдæ ды райсом мæ бæсты аскъæрдзынæ фос уалæ нæ Рагъы.хуымы ’рдæм, æз æмæ гыцци та цæуæм* уырдæм хор кæрдынмæ. Сонайæн хæдзары бирæ куыс- 121:
’тытæ ис, стæй нæ фыдмæ дæр кæсын хъæуы. Махæн сихор сараза æмæ схæсса, уыдæттæм æй нæ равдазл- .дзæн. Гъе, уымæ гæсгæ нæ къæбæр хæссæм немæ. Си- хоры сæухизыл радуцдзыстæм дзæкъулмæ иу-дыууæ •сæгъы æмæ ды дæр махимæ басихор кæндзынæ. . Лексойы нæ фæндыд фыййау ацæуын, фæлæ Максп- мы ныхæстæм къухбакæнæн нæ уыд. Нæ ацыд фыййау, уæд та хъуамæ ацæуа йæ мадимæ æмæ йын цы баххуыс йæ бон у. Цæвæгæй кæрдын нæ зоны, халамæрзæнæй .дæр никуы ссывта. Фæлæ халамæрзæнæй сылгоймæгтæ фæкусынц, æмæ йæ халамæрзæнæй ссивгæ чи фена, уый йæ цы рахондзæн. «Максим цæвæгæй кæрда, æз та ха- .ламæрзæнæй ссивон, уый гæнæн нæй. Нæ хъæуы лæппу- тæ мæ ’нæуый дæр сылваз хонынц. Фæлтау ацæудзынæн >фыййау. Æндæр мын цы гæнæн ис?» Рагъы дзуары зæххы гæппæлæн раджы аивтой йæ ном. Гæппæл пæ, фæлæ Цуцайы хуымтæн -сæ тæккæ хуыздæртæй иу сси. Зиууæттæ йыл ахæцыдысты дæргъ- мæ дæр æмæ уæрхмæ дæр. Цуцайы зæрдæмæ фæцыдис йæ усы уынаффæ æмæ дзы фæд-фæдыл цалдæр азы сæрдыгон йæ фос фæдардта.^ Фосы быгъуыйæ йæ зæхх диссаджы хъацæн райста. Кæм ма уыд ныр æрмæрины дæргъæн хоры зæнг? Раст астæумæ хæццæ кодта, уы- мæй уыдисныйы дæргъæн хоры дзагдзæст æфсир уæз кодта зæнгтæн æмæ, æхсырфау, сæ цъуппыл æркъæдз сты. Уддзæф фæзынд, уæд-иу банкъуыста æфсирты, даргъ сыг-иу сæр-сæр кæнын райдыдта, денджызы уы- лæнтау-иу куы иуæрдæм акъул сты, куы—иннæрдæм. Гыцци хорз карста цæвæгæй. ’Фæлæ, уæддæр, Макси- мы ауагъта разæй фыццаг уис ныххæссын. Йæхинымæр скуывта Рагъы дзуарæн. «Дæ рын бахæрон, сыгъдæг Рагъы дзуар, уæдæ ма с^ырдæр амонд цы хъуамæ уа, цас фарн, цас циндзинад ис мæ хъæбулы цæвæджы æх- ситт ’æмæ фыциаг уисы. Лæг у мæ фырт ныр. Ахæм дзагдзæст уис æрмæстдæр лæджы бон у хæссын, йзмæ мын дæ фæдзæхст фæуæд. Дæ -дзæбæх цæстæй йæм ра- кæс. Æз та дын дæ рухс ном ссардзынæн, тугыл чи ас- къуыд, уыцы хоры æлутон нозтæй...» Гыцци райдыдта йæхæдæг дæр кæрдын. Дыууæ цæ- вæджджыны, — мад æмæ фырт фæкарстой стыр сихор- /^фонмæ. Рагъы хуымæн йе ’мбис дæргъæй-дæргъмæ уистæй зæххыл æрхуыссыд. Лексо куы федта, йæ мад нæмæ йе ’фсымæр аууонмæ сæхи байстой, уæд йæ фос И22
баскъæрдта уыцы ’рдæмг йæхæдæг дæр фæхатыд, фос кæй нал хизынц, кæй ныттыгуыр сты, сæ сæртæ тых- джын хурæй æмбæхсгæйæ. Бæлæсты аууонмæ сæ куы баскъæрдта, уæд Макснмы афарста, сæгъ чæма дуцæм, зæгъгæ. — Уый фиййауы хъуыддаг у, кæд нын дæ цæсТ уар- зы иу-дыууæ сæгъы радуцын, — Максим дзыхъ ракъах- та. Фыййауы дзæкъул дзы ныссадзæгау кодта. Дзыхъы къуымтæм æй дзæбæхдæр æрнадта. Дзæкъул уыд хъæ~ дын къусгонды хуызæн. Лексо йæ бæрзæйæ æрбаласта гуымыдза сæгъ. Уымæн уæлдай стырдæр фæздон уыд, ставд фæдджытимæ. Гыцци дзæкъулмæ дуцын райдыд- та гуымыдзайы. Иæ армы тъæпæнтæй куы бахæцыд фæздоныл, уæд фæдджытæй, цыхцырджытау, тахт æх- сыр дзæкъулы дзыхъмæ, æмæ ставд урс фынчытæй фы- цæгау кодта. Хъарм æхсыры зæрдæскъæсЬ тæфæй комы- дæттæ æруадысты. Гуымыдзайы фæстæ гыцци фæдзырд- та «Масо» ном кæуыл сæвæрдта, уыцы хъулон сæгъмæ. «Мее», зæгъгæ, бауасыд сæгъ, гыццийы хъæлæс фехъус- гæйæ, æмæ йæм узгæ-узгæ æрбацыд. Гыцци йæ уæлдай бирæ уарзта. Уый дæр, гуымыдзайау, фæздонджын уыд, фæлаг йе ’хсыр — сойджындæр. Æрвылаз дæр-иу ный- йардта дыууæ сæныччы. Сабыр, æнæхъыгдард Масойы уымæн ауагътой æрдæгдыгъдæй. Дзæкъулы къусгонд фæцæйдзаг кодта. Максим бæласы цонгæй æриста хы- зын. Систа дзы нартхоры кæрдзын. Æрыссæста йæ æх- сыры. Гыцци æмæ йæ дыууæ фырты бæрзонд оагъы сыгъ- дæг уæлдæфмæ бакодтой хæрзад сихор» Дыккаг бон стыр аходæнафонмæ карст фесты сæ хоры хуым. Изæрæрдæм дзы самадтой æнæхъæн аст цъери- йы. Æрласынмæ сæм фæкастысты сыхæгты лæппутæ дæр. Аст цæстыахадгæ цъерийы рарæгъ-рæгъ сты Цу- дайы дардылзылд мусуаты фарсмæ æфтауцдоны. Цуца уыцы зæххы гæппæлæй дыууæ цъерийæ фылдæр никуы ныккарста. Уымæй дæр йæ тутт æфсир кæддæриддæр схъæлæй лæууыд. Ам та цыд цъерийæ цъеримæ æмæ дзагдзæст æфсиртæм кæсынæй не ’фсæст. Иу æфсир дзы ратыдта, анымадта йын йæ дыууæрдыгæй тъæпæн рæнхъæвæрд гагатæ æмæ йæ нæ бауыриыдта, ахæм дис- саджы тыллæг æрзад Рагъы хуымы, уый. Дыууа- дæс гагайы иуæрдыгæй уыд æмæ æртындæс та иннæ- рдыгæй. Дæндагæй асгæрста гагатæй иу. «Иæ тæккæ’ 123
афоныл сæ æрластой, æндæра ма ахæм тыхджын хур- мæ аззадысты, уæд дзы дзæвгар азгъæлдаид. Кæнæ сын уыйбæрц ныккæрдын та куыд бантыст, Максим нырма сывæллон куы у, уæд?» — Цыдæр сæрыстырдзи- над бахъуызыд Цуцайы зæрдæмæ. .,Уый хорз зыдта йе ’фсины лæджыгъæд, фæлæ йæ хæдзары цæвæгджын фырттæ æмæ чындздзон чызг рахъомыл, уымæ афтæ тагъд нæма æнхъæлмæ каст. Райсомæй нырмæ йæ чызг Сона цынæ куыст бакодта хæдзары. Бан?агъта царв. Ныммарзта хæдзар. Æрбахаста ададжы суадонæй стыр дурыныдзаг дон. Сарæзта хæринаг. Акаст Рагъы дзуа- ры хуыммæ. — Нал кæрдынц, куы базыдта, уæд мын загъта, си- хорафон у æмæ мах дæр басихор кæнæм. Сихоры фæс- тæ фынг схорз кодта. Къустæ сæ бынаты æхсадæй ба- фснайдта æмæ æрбадт дзарайы фарсмæ. Райста стыр къуыбылой æмæ йæ æхснуды. Цы хъуамæ уа мæ хуызæн фыййау лæгæн зæххыл стырдæр амонд? Хисдæр лæппу æмæ чызг кондæй дæр, уындæй дæр, удыхъæдæй дæр сæ мады цæрмæстыгъд бакодтой. Фæлæ Лексо нæхицæй фæцис, Плитæй. Хъæ- бæрсæрст. Мæ фыд ногæй райгуырд æмæ немæ цæрын райдыдта, — йæ мидбыл бахудт Цуца æмæ æнгузы ау- уонмæ йæхи байста. Уым ын Къудухон дардта иу ны- мæты зæронд. йæхи æруагъта æмæ, йæ хæдзар, йæ би- нонтыл* æхсызгон хъуыдытæ кæнгæйæ, бафынæй. * * 94 У Амонд æмæ, дам, æнамонд цæуынц фæрсæй-фæрсмæ. Куы сæ иу фæтыхджындæр вæййы, куы —(се ’ннæ. Бон сихорафон Плиты Цуцайы цыма_арв ныццавта, афтæ фæцис. Баталынг ис. арв гыццийыл дæр. Фæзынд сæм къанцыларæй иу къулер гæххæттимæ. Бинонтæй гæх- хæтт фæрсын ничи зыдта, нæ дæр къулер йæхæдæг, фæлæ сын бамбарын кодта, цыдæр стыр хæсты хæцы Уырысы паддзах дæр æмæ йæ хъæуы хæстон адæм. Уырдæм сидынц Максиммæ дæр. , Цуца æмæ гыцци куы Оазыдтой, сæ хъæуы æрмæст йунæг Максиммæ ис ахæм сидæн гæххæтт, уæд бæсты- цъар дæндагæй хордтой. Хъæубæсты уыдис Максимæй хисдæртæ фæсивæдæй дæр, æмæ æцæг хæсто’н лæгæн 124
чи бæззыд, ахæм ас адæймæгтæ дæр. Дзырдтой къуле- рæн лæгъстæйæ дæр, хылæй дæр, уымæй цæй хæсты лæг ис, нырма йæ хъуымыз йæ былтыл куы нæ басур, зæгъ- гæ, уæд. Фæлæ къулер къæрттæй цъула не ’ппæрста. Фидарæй загъта, зæгъгæ, мæнæн ис иу закъон. Уый у пъырыстыфы бардзырд. Нæчйæ сæххæст кодтон, — мæ сывæллæттæ æххормагæй баззайдзысты. Максимы акод- та йемæ. Иæ хæдфæдыл Цуца дæр бамидæг къанцыла- ры. Уæззаугай æрхызт бæхæй. Йæ уидонæй йæ кауы михмæ абаста. Сабыр къахдзæфтæй бацыд, къанцыла- ры раз цы бирæ адæм æрæмбырд, уыдон æхсæнмæ. Са* фылдæр уыдысты æввахс хъæутæй, зыдта сæ Цуца. Ар- фæ сын ракодта. Адæмæй чысыл иуварс лæууыдысты сиддонтæ. Максим дæр уыд семæ. Се ’хсæн — пъагон- джын лæг. Цыдæртæ сын къухты тылдæй æмбарын кодта. Сиддонтæ йæм къуыттытау хъуыстой æнкъардæй. Къанцылары кæртмæ рахызт пъырыстыф. Адæм базмæ- лыдыс’ты. Се ’хсæнæй райхъуыст хъæртæ: — Цы хъуыддаг ис мах, Уырыс искæимæ хæцы æьи нæ, уыимæ?! Чидæр бонкалд митæ кæны æмæ кæнæд, æз никæимæ хæцын, мæн мæ мæгуырыл ныууадзæнт. — Стыр Уырыс нæ сывæллæттæм æрхауд? Кæд хæст- мæ адæм хъæуы, уæд кæм сты нæ хæстхъом адæм? — йæ ныхас карзæй загъта Цуца дæр. Пъырыстыф, адæм æгæр хæццæ ныхас куы кодтой, уæд ехсы хъæдæй æрхоста къанцылары тыргъы цæ- джындз æмæ адæм исдуг фæхъус сты. Райхъуыст йæ бæзджын барджын ныхас: — Хорз адæм, стыр Уырысы паддзах сиды, цæмæй чйе стыр хъуыддагыл иузæрдион уæм кæронмæ. Уыцы намысджын хъуыддаджы тыххæй фæсидт нæ фæсивæды равзаргæдæртæм. Ам цыфæнды дзолгъо-молгъо кæ- нат, — уыдзысты дзæгъæлы фыдæбон. Дæттын уын æр- мæстдæр райсоммæ рæстæг. Сиддонтæ ам^ баззайдзысты. Иæ сиддоны фæндагмæ арæвдз кæнынмæ чи хъавы, уыдон сын райсом хурыскастмæ æрхæссæнт дарæс, хæлц, науæддæр сæ, гъеныр куыд сты, афтæмæй акæн- дзыстæм. — Адæмæй та чидæртæ сдзурынмæ хъавыд, фæлæ пъырыстыф сæ хъуыры фæбад’т: — Уæ фыртты нæ, фæлæ паддзах куы зæгъа, уе ’ппæты сæр дæр мæ бахъуыд, — иууылдæр уæ акæндзынæи цъиуæй, бæду- лæй. Мæхæдæг дæр уæ разæй, афтæмæй. Хæст хæст у. Нырма тæккæ знон æрбацыдтæн Гуры уездæй. Æфсæи- 125
вæндаджы станцы адæмæй * къухбакæнæнтæ нæ уыд. Уæзласæн вагæттæ сæ тæккæ дзаг уыдысты сиддонтæй. Фæндараст сæ кодтой стыр Уырысмæ. Ирон лæг кæддæ- риддæр хусæй дардта йæ топпыхос. Фæдис фæцыд, уæд- иу, фатау, тахт фыццаг. Фæлæ ныр фæстейæ баззады- стæм. Мæнæ нæ сиддонтимæ лæууы æфсæддон минæвар. Цыфæнды йын йæ ныхасмæ байхъусæм, уæддæр дзы мæнæй уæлдай сымах дæр цы бамбардзыстут? Уырыс- саг у, æмæ йæхи æвзагыл дзурдзæн. — Пъырыстыф скодта уырыссаг минæвар Сидоровы кой æмæ уый, йæ мыггаг фехъусгæйæ, йæ сæр разыйы тылд бакодта, цыма адæмæн æмбарын кодта, уый æцæгæй æз дæн Сидоров, зæгъгæ. — Нæ мын разы кодта сиддонты рай- соммæ ныууадзыныл, фæлæ йын æз уæ хатырæй ба- лæгъстæ кодтон. Иудон ’нуазæм, иу уæлдæфæй улæфæм æмæ ахæм тыхст сахат куыд нæ хъуамæ æмбарон уæ уавæр? Рæстæг мауал сафут, рæстæг зынаргъ у. Адæм лæгъстæ кодтой пъырыстыфæн, райсоммæ ма сæ уæддæр рауадзут, бинонты ма уæддæр феной, хæрз- бон ма сын уæддæр зæгъой... Пъырыстыфмæ цыма тынг бахъардтой адæмы лæгъстæтæ, уыйау æфсæддон минæ- варæн цыдæртæ дыгъал-мыгъул райдыдта цъæррæ- мыхстытæй: «отец просит пускайт,— фæсивæдмæ къу- хæй ацамыдта, — солдат домой». Æфсæддон минæвар нæ, зæгъгæ, йæ сæр тызмæгæй батылдта æмæ карзæйг загъта: — Ни’ в коем случае! Писыр ын йæ ныхæстæ ралæвæрдта иронау, загъта сын ноджыдæр, райсоммæ дæр сæ мæнæ уæ хорз пъы- рыстыфы хатырæй уадзын, зæгъгæ. Пъырысты^ ма сын ноджыдæр иу хатт загъта: • — Рæстæг дзæгъæлы ма сафут, рæстæг зынаргъ у. Цы уыд мæгуыр ныййарджыты бон? Æрхæндæгзæр- дæ æмæ сæркъулæй фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Иа^ развæндаг нæ уыдта, афтæмæй сæ хæдзармæ фæзынд Цуца дæр. Дыккаг бон райсомæй хуры тынтæ куы схъазыдысты^ хæхты цъуппытыл, уæд Лехурагомы’ хъæуы фæсивæдæй æртындæсы, уыдонимæ Максимы. дæр акодтой 1914 азы; империалистон хæстмæ. 126
Сонайыл йе ’вддæс азы нæма сæххæст, фæлæ йыл’ хъæубæсты чызджытæй хъауджыдæр усгуртæ сæ цæст æрæвæрдтой. Бæрзонд, астæунарæг, гуырвидыц. Туг æмæ æхсыр æмхæццæ уадултæ, мыдгъуыз цæстытæ,. дыууæ быдæй сынты базыры хуызæн сатæг-сау дзыкку- тæ, сæ бырæузылд - цъуппытимæ хæццæ кодтой ф’æ- къæдзгæнæнтæм. Цырæгътæ сыгъд йæ цæстыты. Цуца- йы хæдзар амæй-ай разагътайы усгуртæй никуы рааф- тид. Фæндыд сæ Плитимæ бахæстæг кæнын. Фæлæ Со- на никæмæн разы кодта, тыхæй та йæм ныййарджытæ нæ хатыдысты. Афтæ цыдис рæстæг. Стæй бон сихор- афон айхъуыст усгуртыл Сонайы, дам, Цъубены цæрæг Илас ракуырдта. Чидæртæ зыдтой Иласы æмæ сæ нæ бауырныдта ныхас. Сона цæсты ахадгэ§, комбæсты рæ- сугъд, Илас та — ныллæг, тæнтъихæг, куыд фæзæгъынц,, нæ дзы ас уыд, нæ конд. Цæмæ йæм бабæллыд, цы дзы федта? Фæлæ никуы фехъуыстай ирон æмбисонд: амонд, дам, атахт æмæ фаджысы рагъыл æрбадт. Афтæ хъуы- ды кодтой Сонайы тыххæй бирæ чидæртæ, йæ разагъта- йы усгурты разæй Р1ласы амонд куы бацис, уæд. Фæлæ Сона уыцы хъуыддаджы ницы аххосджын уыдис. Аххос- джын йæ хивæнд æфсымæр Лексо уыдис. Рагъы дзуары бон Плитæ дардыл хъуыддæгтæ фæкæнынц", Стæм хæ- дзар дзы разындзæн, кусарт ын чи нæ акæна. Æрбахо- нынц сæ хæстæджыты, хиуæтты ир æмæ гуырдзыйы хъæутæй, цытджын уазджытыл нымад сты, Тбилисмæ раджы чи алыгъд, фæлæ йæ фыдæлты рæсугъд æгь- дæуттæ чи нæ рох кæны, ацы дзуары бонмæ сæ мысай- нæгтимæ æд бинонтæ чи фæзыны, йæ хъæбулты йын чи фæфæдзæхсы, уыдон. Дзуары бæстыхай рагъыл ис, уыр- дæм сæ кувинæгтимæ фæзынынц, дзуары лæг сын фæ- арфæтæ кæны, сæ кувинæгтæ сын айсы, стæй куывд саразынц астæуккаг хъæуы. Цæвиттон, Захъоры хъæу у æртæ сыхыл дих: уæллаг, астæуккаг æмæ дæллаг сых. Астæуккаг сых уæлдай фæздæрран æвæрд у, хуыздæр сты дардыл фынгтæ равæрынæн йæ фадæттæ. Фæлæ дзуары бон алы хæдзары дæр фынгтæ фæтасынц сæ бæркад-бæрæчетæй. Ацы дзуары бонмæ рагæй цæттæ кодта йæхи гыцци дæр. Рауагъта арахъ, сфыхта бæгæ- ны, афæдзæй-афæдзмæ. хъулон зылд кодтой нывондаг уæныгмæ Максимы номыл. 127
Хъæубæсты уазджыты ’хсæн фæцис Цъубены хъæук- каг Илас дæр. Ирон фæндыры кæлæнгæнæг уаз зæлтæ* гуырдзиаг зурна æмæ долийы æгъуыстаджы цагьд куы иумæ, куы та хицæнтæй рæсугъд æнкъарæнтæ æфтыд- той куывддон адæмыл. Адæм — бæрæгбон арæзт, уæл- дайдæр, фæсивæд. Иутæ æвзыгъддзинад æвдыстой бæ- хыл хъазгæйæ, иннæтæ хæцыдысты хъæбысæй. Ирон хонгæ кафты раивта гуырдзиаг лекъури. Хъазты радгæс фæндыр бахаста, уæдæйнырмæ чызджыты ’хсæн ным- дæй чи лæууыд, усгуртæ сæ цæст кæуыл æрæвæрдтой, уыцы бæрзонд æлвæстытæ чызгмæ. Канд уазджытæ нæ, хъæубæсты цæрджытæй дæр æй бирæтæ нал базыдтой. Кæрæдзи-иу афарстой, дæ хорзæхæй, кæй зæд æртахт нæ дзуары бонмæ? Риуы ’гънæджытæ Хъззынц стъалытау.., Уæд дæ хæрдгæ худт, Уæд дæ алы ’гъдау!.. Цæгъды ирон фæндыр нæртон симды цагъд. Уæз- дан къухæмдзæгъд. Чидæр сагайдта зарæг, фæзынд ын хъырнджытæ... Симынц ир æмæ гуырдзыйы разагътайы "фæсивæд. Симынц, не стыр фыдæлтæ нын, стыр хæзна- йау, ’кæй ныууагътой æмæ нæм æнусты сæрты чи ра- хызт, уыцы нæртон симд. Цæй тынг фæндыдис усгур лæппуты Сонаимæ аси- мын, фæлæ уæд афтæ рæсугъд кæй къухты сфидаудзæн. КъудУХ0Н йæ цæгатæй кæй æрхаста, уыцы ирои фæн- дыр?4 Чи йæ сдзурын кæндзæн иунæг Сонайы йеттæмæ ахæм кæлæнгæнæг зæлтæй? Ничи. Æрмæст мæхи гыцци. Фæлæ уый цыты уазджытæй не ’вдæлы фæндырмæ. Ан- нæмæй та йæ, зæгъгæ, равдæлд, уæддæр æй нæ райста- ид йæ къухмæ, уæд, чизоны, йæ цагъдæй йæ чызджы арæхстдзинадыл къæм æрæвæрдтаид. Фæлтау уадз йæ уарзон чызг разилын кæнæд усгур лæппуты сæртæ йæ фæндыры Цагъдæй. Уæвгæ, усгур лæппуты фæндыд Со- найы кафтмæ бакæсын. Дард хъæуккæгтæ сæ мидса- гъæсты дызæрдыг кодтой, кæд исты сахъат у æмæ уы- мæн нæ кафы, зæгъгæ. Чидæртæ дзы сæ хъуыды фергом кбдтой æмæ кæй сфарстой, уыдонæй иу разынд чызджы мады ’фсымæр Къудухты Педро. Уый йæ мидбыл бахудт æмæ афтæ: 128
—-Чи зоны ды раст дæ, чи зоны, æцæг къуылых у. Ныртæккæ йæ æз базондзынæн, — Педро радгæсмæ фæ- дзырдта. Иæ цæст æм æрныкъуылдта, загъта йын, æвæццæгæн, уæ фæндырдзæгъдæг къуылых у, æндæра ахæм диссаджы бæрæгбон цæуылнæ кафы, цæуылнæ симы? Радгæс ницы сдзырдта, сæры тылдæй бамбарын код- та, ныртæккæ, зæгъгæ. Сонамæ бацыд, сусæгæй йын цыдæртæ адзырдта. Уый фæсырх, фефсæрмы. — Хорз адæм, нæ буц уазæг Къудухты Педройы фæнды йæ хæрæфыртимæ акафын,— адæмы " хæццæ къухæмдзæгъд райхъуыст. Хъазты зиллакмæ рахызт Педро. Бæрзонд, фæтæнуæхск, ставдцæсгом, галдзæст, астæуыл зæбул-зæбул кодта йæ кæрддзæмы сау фæтæн- ком хъама. Сау цухъхъа, сау фысдзарм къæбæлдзыг худ, къæхтыл — зæнгæйттæ. Дардæй йæм чи бакастаид, уый загътаид, ацы арсы хуызæн лæгмæ нæ дæр сæрды тæвд хъары, нæ дæр зымæджы уазал. Рахызт æд фæн- дыр Сона дæр. Урс-урсид зæлдаг æдгуыр къабайы къæ- дзил зæххыл сæр-сæр кодта. Æнусыккон ставд тулдз бæласы фарсмæ рæхснæг тала куы суайа, афтæ зынд Сона йæ уарзон мадыфсымæр’ Педройы цур. Рог кафты цагъд ныййазæлыд. Адæм’ ’æнхъæл куыд нæ уыдысты, ахæм кафт акодта Педро. Кафыд арсы хуызæн лæгæн йе ’ппæт буар дæр. Хатт-иу фесхъиудта бæрзонд, зæх- хæй-иу атыдта йæ буар æмæ-иу къахфындзтыл алæу- уыд, куы та-иу йæ зонгуытыл хи алыварс, цъилау, æр- зылд æмæ та-иу рог фæгæпп кодта. Цъæх денджызы урс фынк уылæнтыл денджызы хъаз куы ленк кæна, афтæ зьтнд цъæх нæууы зиллаччы астæу йæ урс къабайы Сона дæр. Кафт куы фæцис, уæд сын куывды адæм тыхджын æмдзæгъ ныккодтой. Бæхтыл чи хъазыд, уыдон цурмæ фæзынд Лексо, саргъæвæрд кæуыл нæма уыд, ахæм æлвæстытæ байраг- имæ. Иæ уидоныл ын цыбыр хæцыд. Хъалтуг бæх дæр бирæ адæмы ’хсæн знæт каст кодта, хатт-иу йæхи ато- нынмæ хъавыд, цæмæй балæбурдтаид бæхтæм. Хъæу- бæстæ йæ чысыл байрагæй зоныиц. Уый Педро радта Цуцайæн. Хорз мыггаг бæхы байраг у, зæгъгæ. Нæ йæ фæндыд йæ сиахсæн æргом зæгъын, зæгъгæ, худинаг у дæ гæбæррагъ бæхыл балцы цæуын. Байраг куыд стыр- дæр кодта, афтæ тас уагъта хъæубæсты бæхты. Уыд хылгæнаг. Дардмæ-иу ауыдтаид бæх, уый йеттæмæ-иу 9. Хацырты С. 129
æм ныййарц æмæ-иу йемæ самадта карз тох. Се ’ппæ- тыл дæр тых кодта. Саргъ сæвæрын афои ын раджы уыд, фæлæ саргъ сæвæрын йæхиуыл никуы бауагъта, слæууыд-иу йæ фæстаг къæхтыл. Атыдта-’иу йæ идон. Урс æмæ саукъуымбил иумæ куы сцæгъдай æмæ уый ’тар цъæххуыз куыд райса, афтæ уыд йæ буар. Хъилхъу- сы бæрзæйы барц æрмæрины дæргъæнæй зæу-зæу код- та. Куывддон адæм Лексойы йæ байрагимæ æрбацæугæ куы федтой, уæд сæ бирæтæ бадис кодтой, ома Цуцайы фыдахин фырт йæ байрагыл хъазынвæнд скодта? Фæ- лæ-иу сæ ахæм хъуыдыйыл фæдызæрдыг сты. Лексо кæд фыдахин у, уæддæр афтæ фыд-зонд нæу æмæ æрра хайуаныл хъазынвæнд скæна, йæхимæ йæ нæ бауадз- дзæн, адыввытт æй кæндзæн æмæ лæг фæхудинаг. Фæ- лæ Лексо, кæмæдæрты куыд каст, афтæ æнæмбаргæ иæ уыд. Уый ацы бонмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Иæ зæрдæ дардта, барджыты ’хсæн кæй разындзæн, хæснагыл ын йæ байрагыл саргъ чи сæвæра æмæ йыл чи сбада, ахæм. Хæснаг хæснаг у. Фембылд уыдзæн иу фыр кæнæ иу уæныг æмæ уый афтæ стыр зиан нæу; уыйхыгъд æй ахæм хайуаныл бадгæ чи фена, уыдонæн фырхæлæгæй сæ цæсты фиутæ тайдзысты. Лексойы хæснаг фехъуыстой барджытæй чидæртæ. Сæ цæст æрхастой æвæджиауы хайуаныл, фæлæ сæ ни- чи тагъд кодта. Хъæубæсты хисдæртæ зыдтой байраджы галиудзинад æмæ Лексойæн загътой, нæ бæрæгбон нын адджынæй арвитын бауадз, зæгъгæ. Фæлæ Лексойы фарс рахæцыд Педро,'ома, Лексо тыхæй никæй бадын кæны байрагыл, кæд исчи йæ ныфс хæссы, хæснаг рам- булынмæ, уæд, табуафси, бафæлварæд йæ амонд. Хис- дæр ма уæддæрчкуывддон адæмæн бамбарын кодта, уый хайуан нæу, фæлæ бирæгъ. Нæ бæхты йæ тасæй æддæмæ ауадзын нал уæндæм. Хисдæры ахæм бафæ- дзæхсты фæстæ, йæ лæгдзинад бафæлварын кæй фæн- дыд, уыдонæй дæр бирæтæ сæхиуыл фæхæцыдысты. Иугæр хæснаг кæнынмæ йæ ныфс ничи хæссы, уæд фы- ры кой нал скодта, фæлæ загъта, куыд кæсын афтæ- мæй, зæгъгæ, мæ заманайы уæныг мæхицæн баззай- дзæн. Уæныджы кой фæразæнгард кодта кæсдæрты. Лексойы къухтæй уидон райста Ичеты хъæуккаг Цъан- цъыр, — номдзыд цуанон бур Димойы фырт, кæддæр ын йæ фыды цæст арсы дзæмбы фелвæста. Фæлæ арсы 130
дзæмбыйы æрриуыгъд æмæ арсы зæрдæйы Димойье хъамайы цæф баиу сты. Арсы фæстаг богъ ма анæрыд кæмтты, фæлæ Димо баззад иуцæстонæй, уæддæр йæ- цуаи кæнын нæ ныууагъта зæры бон дæр.^Фыдау удфи- дарæй зыдтой Цъанцъыры дæр. Бафæндыд æй йæ амонд. бавзарын, хæснаг рамбулын. Байрагыл ма иу хатт йæ* цæст ахаста, стæй йæм цæргæсы тахт скодта. Хайуан цæстныкъуылдмæ йæ фæстаг къæхтыл алæууыд, стæй сонт тъæпп йæхи æркодта раззаг къæхты зонгуытыл *æмæ Цъанцъыры иу-æртæ метры бæрц фехста размæ, Иу-цалдæр уысмы змæлгæ дæр нал фæкодта. Байраг алидзынмæ хъавыдис, Лексо нал фæцарæхст хайуаны идон ацахсынмæ. Æвиппайды хайуаны размæ сæлабыры гæпп бакодта Цъубены хъæуккаг Илас, ацахста идон. Хайуан йæ фæстæгтыл алæууыд, йæхи атонынмæ хъа- выд, фæлæ Илас идон ахæм риуцгъд æркодта æмæ тых- джын хайуаны йæ раззаг къæхтыл алæууын кодта. Идон радта Лексомæ. Бузныг, зæгъгæ, йын загъта Лексо æмæ та афарста адæмы, уæдæ уæ йæ тых ничиуал æвзары, зæгъгæ. — Хæснаг фæхъæбæрдæр к’ен æмæ, табуафси, æз цæттæ дæн. Мæ ныхас уæ, ::орз адæм, хъыг макæмæ фæкæсæд. Ахæм хайуаныл сбадын куывды фынджы фарсмæ минас кæнын нæу. Уæхæдæг дæр федтат ном- дзыд цуаноны фырт Цъанцъыры хабар. Амондджын ирвæзт фæкодта. Фæлæ йæ бон уыд æрхаудтаид хайуа- ны размæ, æртъæпп æй ластаид йæ раззаг къæхтæй æмæ лæджы, къæйдурау, атъæпæн кодта зæххыл. Уымæ гæс- гæ æз хæснаг кæнын, уды ныхмæ уд, кæннод уæртæ мæ хайуан—бæхты фидыц—дæу. Куадзæны айкау сырх- сырхид хайуан сæрыстыр. каст кодта йæ хицауы ’рдæм, æвæццæгæн, йæ хъæлæсыл ахуыр уыд. Бæрзонд, .æл- вæстытæ, сыгъдæг æргъиу æмæ нуарæи’ кондау зынд. Йæ бæрзæйы æлвыд барц уылынджы бæрзæндæн, къæ- дзил — тымбыл æлхынцъ. Ие ’взист гопджын саргъ, йæ тинтычъи саусæрак базтæ йын лæвæрдтой цæстахадгæ рæсугъддзинад. — Дæ хъуыды фæбæлвырддæр кæн, — Иласы диссй- джы хайуаныл йæ цæст æрхаста Педро дæр. — Мæ хъуыды бэелвырд у, Плиты Цуцайы хæдзар- мæ, Лексойы рæсугъд хомæ къахихсыд баисты усгуртæ, фæлæ сæ хур йæ цæсты зулæй дæр никæмæ ма фæ- худт> никæй сæ саккаг кодта йæхицæн. Уды ныхмæ — 131
уд. Мæ уд цард æмæ мæлæты ’хсæн тæрæзтыл æвæрыи. Фембылд дæн — мæ хайуан дæу, фембылд дæ — дæ хо Цъубенаг чындз бацис. Лексо йæ хъама фæцъортт кæнынмæ хъавыд, зæгъ- гæ, куыдзы хъыбыл, цæйдæр дæлæмæдзыд, куыд ба- уæндыдтæ мæ хойы кой скæнын дæр. Фæлæ Лексо ныр лæг у. Куывддон адæмы ’хсæнмæ фæзынд æд хайуан, йæхæдæг æрæмысыд хæснаг. Ныр фæсвæд куы алæу- уа, адæмы зæрдæ йыл фæхуддзæн, цæсты йæхи бафтау- дзæн. Иласы хайуаныл йæ цæст æрхаста. Тынг æм батæ-' худы кодта. Ахæм лæджыйаргъ хайуан æз цыфæнды диссаджы хæснагыл дæр нæ æрæвæрин. .Фæлæ йæ уый æвæры. Хæснаджы лæгдзинады тыххæй йæ уæлдай кæ- ны. Æмæ уæд æз цæуылнæ хъуамæ сразы уон ахæм хæснагыл. Хъуызгæ каст бакодта Педромæ. Уый йæм йæ галдаæст фæныкъуылдта, сæры иу фæтылдæй йын бамбарын кодта, сразы у, зæгъгæ. — Дзырд дзырд у, иугæр хæснаг кæнын, уæд нæ хæдзарæй лæджы номыл рацыдтæн, лæджы худ хæссын. Æри дæ къух,— бадаргъ кодта Лексо йæ дзæмбы,— де ’вдисæн? — Цъанцъыр, мæ фидæны къухылхæцæг. — Цъан-. дъыр йæ мидбыл бахудт. — Дæуæн та чи уыдзæн де "’вдисæн? — Мæ буц мадыфсымæр Педро. Лексо æмæ Иласы къухтæ иу æртъæппæй ахицæн кодтой Педро æмæ Цъанцъыр. Илас Лексойы къухтæй райста идон. Чысыл раздæр ’хайуанмæ цæргæсы тахт куыд скодта Цъанцъыр, афтæ нæ, фæлæ рахиз къухæй дæнг байраджы гуыбынæн. Уайтагъд алæууыд йæ фæстаг къæхтыл. Илас уидон æртъæпп кодта бынмæ, байраджы раззаг къæхтæ нæма лныдзæвдысты зæххыл, афтæ, уариау, абадт йе ’ккой, - ноджыдæр дзæхст байраджы гуыбынæн. Байраг йæхи аппæрста размæ. Йæ тахтыл цæст нæ хæцыд. Хъугомы хуымы фаллаг фарс стыр ададжы ’рдæм сарæзта йæ ных. Адæм нырдиаг кодтой, сæфдзысты лæгæй, бæхæй, зæгъгæ. Фæлæ байраг атæррæст/ кодта ададжы сæрты, стайау. Цыма йыл ныхæсгæ бакодта, афтæ йыл нын- »дæгъд Илас дæр. Ададжы фаллаг ,фарс дæр хъугæмттæ ’уыд. Илас хайуаны фæзылдта бынæрдæм, цæхгæрмæ, .хæрдмæ, ногæй та — бынæрдæм. Ногæй та ададжы сæр- ты фæстæмæ æрбагæпп кодта байраг. Фидар ыл бадт 132 ч
йæ барæг дæр. Æмæ цал фæзилæны, цал дæлæмæ, уæ~ лæмæ скъæрæнты баййæфта Лексойы хайуан. Иæ буар æгасæйдæр доны ’вдылд. Иæ хæлафы сагæхстæ Иласæн дæр бæхы хидæй уыдысты хуылыдз. Æппынфæстаг бæ- хы рауагъта сабыр цыдæй. Адæмы ’хсæнмæ куы фæ- зынд, уæд ыл атыхст Цъанцъыр. Иæ къух ын райста Педро дæр. Хæснаггæнджыты размæ, йæ къæдз лæдзæгыл æн- цойгæнгæйæ, æрбацыд хъæубæсты зæронддæр лæг-Пли- ты Дада æмæ уый дæр райста Иласы къух. Сона хæс- наджы хабар куы фехъуыста, уæд фæтæргай, ныууагъ- та хъазт, сæхимæ алыгъд. «Иæ гуг йæ хъæлæсæй фæ- кала, кæд ын фос нæ дæн, кæйдæр бæхы ныхмæ мæ- æрæвæрдта», — рахъаст кодта йæ мадæн Соиа, радзырд- та йын хæснаджы хабар дæр. — Кæс-ма уыцы æррамæ, — загъта йæ фыртæй гыц- ци, — кæйдæр лæджы марын кæны хайуанæн. Мæ зæр- дыйæ ма йæ дон нуазынмæ ласы. Æмæ Педро уым нæ уыд, цæмæн æй бауагъта хæснаг кæнын? — Æвæццæгæн, сæ дыууæйы зæрдæмæ дæр фæцыд уазæджы хайуан æд фæлыст. Гыцци æддæмæ рауад, акаст. Федта сæ, æнæсаргъ хайуаныл цæйдæр дæлæмæдзыд куыд ныцъцъецъелæг æмæ хъугомы тæссармæ куыд фæцæйтардта. Стыр ада- джы ’рдæм куы фæцæйæввахс кодтой, уæд «мæ бон ба- кæла», зæгъгæ, фæкодта æмæ йæ цæсты’тæ йæ армы- тъæпæнтæй амбæрзта. — Ракæс, æхсызгон цинтæ дыл æрцæуæнт, иннæ фарсмæ атахтысты, — сбустæ кодта Сона йæ мадæн. Тыццийы зæрдæ æрсабыр йæ тарстæй, каст, кæйдæр- æнæнтыст сын сæ хивæнд хайуанæн цы æнахъинон ми- тæ кæны, уымæ. Базыдта мады зæрдæ, йæ фыдахин фырт йæ хойы кæй фембылд, уый. Иæ зæрдæ рыст цæлхъ-цæлхъ иыккодта. Цас рæсугъд фæндтæ нывæзта йæ чызджы амонды тыххæй æмæ йын мæнæ куыд дзæ- гъæлы кæнынц йæ фыд-зыкъуыр фырты аххосæй. Хъæубæсты хисдæр Дадайæн бамбарын кодтой, Со- на хъазтæй алыгъд, зæгъгæ. — Æмæ, уæдæ, комбæсты фидыц хæснагæй кæй фем- былд, уыцы худинаджы азармæ æнхъæлмæ кастаид? Фæлæ дзы кардыбын уæууытæ кæнгæйæ нал у. Цæугæ æмæ дæ хойы ракæн,—дæрзæг, фидар хъæлæсæй йæ ныхас загъта Дада. 133
Цавддуртау лæууыдысты иу-дзæвгар Лексо æмæ Педро. Нæ уыдысты сæ дыууæ дæр уый æнхъæл, æмæ кæйдæр æнæнтыст дæлæмæдзыдмæ ахæм лæджыгъæд разына. Лексойы сæры зилдух кодтой цыдæр хæрам хъуыдытæ. Худинаджы æмбылд кæй фæцис, чуый йæ сæрмæ нæ хаста. Педройы сæры зилдух кодтой æндæр хъуыдытæ. Хæснаг фембылд Лексо æмæ уал æнхъæлма* каст, Лексо йæхæдæг цы зæгъдзæн хъæубæсты хисдæр Дадайæн. Фæлæ иугæр Лексо’ ницы дзуры, йæхи ныттар, ныххуырым кодта, уæд Педройы фæндон фидар у. Хæс- нагæн фæсайæн нæй. Хæснаг хæснаг у. Фæлæ хатыр ракурдзæн Иласæй дæр æмæ хъæубæсты хисдæрæй дæр, цæмæй чызджы зæрдæ ма скъахой,, уаг æмæ йын нывыл чындзæхсæв скæной. Канд чызджы хæдзар нæ, фæлæ йæ мадыфсымæртæ дæр дзыхъылæуд не сты, цæмæн хъуамæ бауадзой сæхиуыл къæм абадын. Педромæ хар- дзау каст йæхи уавæр дæр. Цæмæн бауагътон мæ хæ- рæфырты хæснаг кæнын, макæ йын куы загътаин, уæд ыл ахæм рæдыд не ’рцыдаид, зæгъгæ. — Фарн дæм бадзурæд, мæ фыды хай, — Педройы иыхмæлæууæг хъуыдытæ фескъуынгæйæ, Дадайы раз æрлæууыд нымдæй Илас. — Хæснаг рамбылдтон, уый раст у. Фæлæ æз ахæм хæдзарæй рацыдтæн æмæ мын æй стыр æнæуаг мийыл банымаиккой, дыууæйæ сæм куы фæзынин, уæд. Ироп æгъдау цыдæриддæр æмбæ- лы, уыдон сараздзынæн мæыæ мæ’ дзæбæх хæстæджы- тимæ. Хъæубæстæн — чындзæхсæв, махæн та хæрзбон зæгъдзыстут. Педро æхсызгонæй сулæфыд. Чысыл раздæр ма дæ- лæмæдзыд кæй хуыдтой, уый йæ цæсты сырæзт: — Ай æцæг лæгау лæг куы у, уæд ын йæ асмæ цæ- мæн кастæн? Дада бакаст Лексо æмæ Педромæ. — Цы зæгъдзыстут сымах та? Лексойы бæсты дæр дзуапп радта Педро. — Ацы дзæбæх лæппу нын канд йæ диссаджы арæхстдзинад нæ фенын кодта, фæлæ ма уый æмрæс- ,тæджы у, лæджыхъæдæй æххæст чи у, ахæм фæндви- ’дар уды хицау, фарны кæсдæр, зæндджын. Мæ чысыл 1хæрæфырт Сона’ кæд хæснаджы фембылд, уæддæр ба- ]цис хуыцауæйкургæ амонды хицау. Чындзæхсæвы хъай- маг йæхимæ чи райса, уый — мæнæ æз, дæ сомбоны æфсины мадыфсымæр Къудухты Педро. 134
— Дзырд дзырд у, хæснаг — хæснаг, — фыдахин Лексойы къух ногæй радтын кодта Иласмæ. Ногæй та аскъуыдтой къухтæ, Дада æмæ куывддон адæмы цæсты- ты раз Педро æмæ Цъанцъыр. — Ныр та, табуафси, — уе ’ппæт дæр нæ фарны Ра- гъы дзуары боны куывдмæ, — йæ къæдз лæдзæджы æнцæйтты Дада йæ ных сарæзта фынгмæ. • * * * Гыцци исдуг фæхъус. Иæ чындз Болатон, къуыбыло- йы хуызæн тымбылтæ ус, йе ’ккой дзаг ссады дзæкъул схаста Цъалайы куыройæ. Уæззау æй æрæвæрдта тъах- тиныл, æрисынæн ын аххуыс кодта гыцци’дæр. Болатон бафæллад йæхийау дымст дзæкъул хæссынæй, тыху- лæфт кодта, йæ лæзæрд сау сæрбæттæны кæрæттæй сæрфта йæ цæсгомы хид. — Цавæр лæнк-лæнк у, дзæкъул йеттæмæ ма исты у, гормон... — бауайдзæф кодта гыцци йæ чындзæн. Болатон ницы сдзырдта йе ’фсинмæ, æрмæст йæхи сраст кæныны охыл афтæ бакодта: — Иу-ч-ысыл цæхæрадоны хуымты дæр акуыстон, стæй æддейæ дзæгæрæг хур бæстæ арауы. — Дæ цæсгомыл иу-чысыл уазал дон скал, —■ бауы- наффæ йын кодта гыцци. — Цы хæйрæджытæ дæ баха- стой ацы тæвды цæхæрадоны хуымтæм? Зыгъуымырдæм дыл базыртæ ис. Цы чысыл уымæлад ма сæ уыд, уый дæр сын хур аскъæфдзæн. Иу-чысыл аулæф. Тагъд сихор- афон у, нæ цæвæджджынтæн рагъмæ сихор хæссын хъæуы. — Топпæй мæ куы фехсай, уæддæр æз рагъмæ си- хор нæ ахæсдзынæн. Цъалайæ ардæм дæр мæ уд сцæй- хауд уыцы стыр дзæкъулы ’бын, — бахъуыр-хъуыр кодта Болатон. — Стыр дзæкъул. Мæнæ йæ Сæрмæт дæр сфæрæз- таид уырдыгæй ардæм. Уæдæ æмæ хуыскъастæу дæ, аууæтты лоло кæнын бирæ уарзыс. Хъæубæсты чыз- джытæ æмæ чындзытимæ куы ацæуыс хъæдмæ, уæд дзы де ’ргъомæй гыццылдæр хæснагæн не ссардзынæ. Дæ фарсмæ дæ уыгæс æргъомы цур Булацоны æргъом фæзыны мæкъуылы хуызæн. — Булацон йæхæдæг дæр мæнæй дыууæйы ас у. 135
— Фæстæмæ ма дзур, дæ цæсгом дыл æрлæбыра. Хъæубæстæ. уæ асæй нæ барынц, фæлæ удыхъæдæй. Æмæ ды та йæ цуры рыг дæр нæ калыс. Дæ хо Мар- тайы фæхъхъау фæуай, иу ныййарджыты цот не стут, уый уæддæр цæуылнæ æййафыс лæгдзинадæй? Райсом- сарæй хæдзары куыстытæ уый фæкодта: хуыссæнтæ ба- фснайдта, хæдзар ныммарзта, скъæт иннæахæм, ныр та суадонмæ ацыд дон хæссынмæ. Ды та? Йе ссады дзæ- къулæй хæдзар уæлвæндаг фæкодта! Бонасадæн — куы- ройы, цæхæрадоны та зæрдæйы дзæбæхæн зил джи- търитæ æмæ балтыл. Æз Болатонæн нæ фæтæригъæд кодтон. Мæхи гыцци рæстытæ дзырдта. Болатон, æцæгæйдæр, кусынмæ хуыскъастæу уыд. Марта — йæ кæсдæр хойы фезмæл- дыл цæст нæ хæцыд. Уымæй цыфæнды уæззау куысты- тæ кодтаид, йæ мидбылхудт, йæ рæвдаугæ æнгас никуы сысыдысты. Канд хисдæртæн нæ, фæлæ йын кæсдæртæн дæр лæггад кæнынмæ æмбал нæ уыд. Уыцы хабар æз уæлдай тынгдæр фæхатыдтæн нартхрр æвзарыны куыс- тыты. Махмæ, Лехурагомы, нартхор сцæттæ, уæд æй æхсырфæй йæ зæнгыл бындзарæй фæлыг кæнынц æмæ дзы къона бастæй уыгæстæ фæамайынц. Уый фæс- тæ сæ æрласынц хосдоны цурмæ æмæ сæ дардылзылд мусуатыл, сæ зæнгтæ быны ’рдæм, афтæмæйхъенæвæрд скæнынц, цæмæй се ’фсиртæ тагъддæр бахус уой. Нарт- хор .æвзарыны рæстæг бинонтæ чысылæй, стырæй ра- цæуынд нартхор æвзарынмæ æмæ æфсиртæ фæхицæн кæнынц хъæллæгъæй. Сæ гом æфсирты кæритæ, бур-бу- рид царвау, фæзынынц мусы астæуæй. 0, æмæ Мартайы кой кодтон. Уый дæр-иу æрбадт сылгоймæгты ’рдыгæй. Цас сылгоймæгтæ уыдысты уæвгæ: гыцци, Болатон, йæ чызг Олгъа æмаэ? Марта. Кæд ма-иу мæ дзæбæх гыцци- йы дзаджджын хæбизджынтæй искæй комыдæттæ уа- дысты, уæд ма нæм-иу фæзындысты сыхæгты устытæй дæр исчитæ. Гъемæ-иу Марта йæхи къона куы авзæрс--- та, уæд ын-иу йæ хъæллæгътæ фæстæмæ абаста æмæ- иу æй æвзæрст уыгæстыл бахъил кодта. йæ разы-иу æрæвæрдта ног къона. Фæлæ афтæ кодта уый иннæ- тæн дæр. Хаста сын се ’взæрст къонатæ уыгæстæм, сæ разы сын æвæрдта ног куыристæ. Гыцци ма-иу æм хыл ^дæр кодта, сæхиуыл • къухтæ ис, алчи йæ къона йæхæ- дæг бæстон кæндзæн, зæгъгæ. Марта йæ удуæлдай лæггад кæнын уæддæр нæ уагъта. Хъæубæсты адæмы 136
йæхимæ æркæсын кодта. Бирæтæ йæм хинымæры тæ- худы кодтой. . Тæхуды, иу ахæм амондыл чи фæхæст уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр Марта • махмæ йæ фырхъалæй нæ- цард. Йæ цæгат — Болататæ — бонзонгæ, цыбыркъух. цард кодтой. Мартайы та амонд нæ фæцис. Иæ лæг Карумæй йын иунæг лæппу райгуырди, афтæ йæ бон- сихорафон арв æрцавта,-баталынг ыл йæ рухс дуне. Карум сæрды рæстæг быдыры хъæутæм кусынмæ фæ- цыд æмбæлтты къордимæ. Фæстæмæ, дам, здæхтысты: дымст^ æхцадæттимæ. Карум йе ’мбæлттæн загъта, цæ- ут уал, æз дæр уæ æййафдзынæн, мæ бинонтæн истытæ* алхæнон, зæгъгæ. Афтид армæй йæ рæсугъд-усмæ 1>а-- цæуынæй аргъуц кодта. Гъемæ сын æй хуыцау ма ныб- барæнт. Æвæццæгæн; армукъайы зилгæйæ, хуыснæджы-- тæ бафиппайдтой, лæгмæ æхца кæй ис, уый’. Иæ фæдыл- гуырæй-гуырмæ фæхъуызыдысты æмæ хибар ран, уæл- дайдæр та нæ Цъалайы дард фæндагыл, къахдзæфмæ- кæмттæ æмæ ныллæгзæнг бæлæсты къохтæ кæм æм- бæлы, йæ размæ æргæпп кодтой æртæйæ. Домбай лæппу-лæг бæргæ фæцъортт ласта йæ фæтæнком сауч хъама, фæлæ уыдонмæ æхсæнгæрзтæ уыд æмæ йыл са1 суагътой. Марды бастыгътой æмæ фæтар сты къохы. Лæджы мард йæ хæдзарыл сæмбæлд æрмæстдæр æр- тыккаг бон. Баззад Марта йæ иунæг хъæбул Шакриимæ. Бирæ- нал ацард йæ лæджы хæдзары. Бинонтæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ нын ацы æвзонг рæсугъд чындз йæ иу- нæг хъæбулы тыххæй бадынвæнд куы скæна, уæд гæ- нæн ис, искæмæ фæрæдиа. Хæдзарæн, мыггагæн худи— наг æрхæсдзæн, хъæубæсты, комбæсты æхсæн та фидис- саг фæуыдзыстæм. Гъе, уымæ гæсгæ йæ рарвыстой фæ- стæмæ йæ цæгатмæ. Иæ иунæг лæппуйы йын ныууро- мынмæ хъавыдысты, фæлæ сæ Мартайы фыд Цамел сдзурын дæр нæ бауагъта: — Мæ бирæ бинонтыл иу бафтдзæн, зæгъгæ, уымæй: уæлдай мæгуырдæр нал фæуыдзыстæм, — ракодта йæ чызджы йæ чысыл хæрæфырт Шакроимæ йæ хæдзар- мæ. Марта хаты, йæ цæгатæн, чызг чындзы ацæуыны фæстæ уæлдай уаргъ кæй у, уый. Ма’ртайæн та ма йæ’ фæдыл къæдзил баст ис. Гъе, уымæ гæсгæ йæ удæй артдзæгъдæн кæны. Иæ мæгуыр цæгаты хæдзары æп-- пæт куыстытæ уый уæхсчытыл æнцайынц. Уый сæ- 13Г
’яехсы, уый сын фæаразы хæринаг. Æрвылаз Плитæм сæрды куыстыты рæстæджы йæхи раппары канд уый тыххæй нæ, æмæ йын æхсызгон у сæ фенд, кæнæ йын йæхиуыл зæрдæрухсæй сæмбæлынц, фæлæ сæйрагдæр — •хъæздыг Плитæ сæрды рæстæг сæ къухтæм æмхасæнтæ фæкæнынц æмæ Мартайы хуызæн куыстуарзаг адæй- мæгты цырагърухсæй фæагурынц. Марта сæм канд ’сæрды мæйты нæ баззайы. Бирæ хæттыты-иу Плитæм «баззад йæ фыртимæ зымæджы рæстæг дæр. Фосджын гадæм уыдысты æмæ сæ кæддæриддæр хъуыд уæлда’й къух. Фæлæ Плитæ сæхæдæг дæр ницæмæй хъыг код- той Мартайы. Фæззæг-иу дыууæ бæхы уаргъ голджы- тæ нартхор, хъæдуры дзæкъултæ, царвы дурын æмæ дыхты гуымбылтæ — мæ гыццийы цæстуарзон хуынтæ цыдысты Багъитмæ Цамелы хæдзармæ Мартайы цæс- гомджын куысты хыгъдмæ. Æз кæд цумайы фыццаг лæппу уыдтæн Плитæн, уæддæр мыл иу-фараст азы йеттæмæ нæма цыдаид. Фæлæ уыцы карæнæй дæр дзæ- <бæх хатыдтæн, канд мæхи гыцци нæ, фæлæ Лексо йæ- хæдæг дæр хъулон уарзт кæй кодтой Мартайы. Иæ къуыбылойы хуызæн тымбылтæ усы цур Марта зынд цыкурайы фæрдыгау. Лексо йæ тар мыдгъуыз рихиты цъуппытæ йæ уæллаг былы кæрæтты, ног мæйау, хæрд- мæ сыздыхта. Мартайæ-иу йæ зыд цæстытæ атонын нал куымдтой, Марта хатыд йæ сылуарзаг сиахсы удыхъæд æмæ-иу йæ рустæ фæсырх сты, йæ сæр-иу ныллæгдæр .æруагъта, нæ йæ фæндыд бинонты цæсты йæхи бафта- уын. Лексойы ронбæгъд митæ хатыд гыцци дæр. Æмæ- иу уазæг сылгоймагæн йæ æндзыг уавæрæй фервæзыны тыххæй исты цума загътаид. Мæхи хъустæй фехъуыс- тон, иухатт гыцци Болатоны куыд тынг æлгъыста, уый. Райсомæй гыцци хъæуы устытимæ ацыд хъæдмæ суг- хæссынмæ. Æз уæлыгæс уыдтæн æмæ сæухиз æркодтон. .Кæрты дуар мæ уæрыччытыл куы рахгæдтон, уæд гыц- цийы хыл мæ хъустæ ацахстой: — Дæ’сæмбæлæн бон басудзæд, кæд ды хæдзары дарыны аккаг сылгоймаг нæ дæ. Цавæр хуыст у сихор- афонмæ, æви дæу тыххæй хъуамæ нæ хæдзар цæсты, ’фтыд фæуа... Пу, уыцы хъазы цæсгомимæ хæйрæджыты амæттаг фæу. Ныр дæ лæг куы фæзына æмæ ног мисын ^уы ’рцагура, уæд ын цы хъуамæ зæгъон, уæртæ йæ дæ хуыскъастæу сылыстæгæй бадом, зæгъгæ? Болатон йæ кæлмæрзæн йæ сæрæй фелвæста æмæ 138
нырдиаг кодта, гыццийы раз йæ зонгуытыл алæугæйæ: — Дæ мад, дæ фыды рухс номы хатыр бакæн, доа мæ сардау, фæлтау цæвæджджынтæн сихор дæр ахæсдзы- нæн рагъмæ. — Уæлæмæ сыст æмæ мæ цæсты разæй фесæф, ни- цæйаг цыдæр, æндæра дæ уаты куы æрОаййафа, уæд дын дæ царм растигъдзæн фырнадæй. Болатон, зæрдæхъæрмттæ æмæ дыдæгътæгæнгæ, йæхи айста гыццийы разæй. — Мæ лæппу, ацы æнæсæрæнмæ куы кæсæм, уæд нæ цæвæджджынтæ æххормагæй баззайдзысты. Марадз хъуылæг тагъддæр радав æмæ царв цæгъдгæ, æз та уæ- ливыхтæ ракæнон, æндæра хыссæ æгæр куы сæнхъиза, уæд уæливыхтæ туаг ад фæкæнынц æмæ уый та æнæ- сæрæн, æгуыдзæг усы æвдисæн у. Гыцци æхсад хъуылæг хъарм донæй ранхъæвзта. цæгъдинаг æхсыртæ дзы ауагъта, йæ ком ын серайæ бабаста æмæ йæ цæгъдæн къуыдырыл ахъила кодта. Æз æрбадтæн зæххыл хъуылæджы фæстæ æмæ йæ цæгъдын райдыдтон. Гыцци та уæларынг балæууыд. Мæ дзæбæх гыццийæ дæсныдæр, æвæццæгæн, нæй уæли- выхтæ кæнынмæ. Уымæй æмхуызон ссывд. Уæливых ссивæнты цъупп, бичъы хуызæн, стоны æмæ астæуæй чысыл зыхъырæй аззайы. Фыцгæ-фыцын дæр цæхæра цыхт’ймæ хæццæ уа, æви ног цыхтæй арæзт уой — сæ æхцон тæф фындзы хуынчъытыл парахатæй æмбæлы, комы къулты дæттæ фæуайынц. Куыддæр фыццаг уæ- ливых царвæй айсæрста æмæ дзы астæуы ссывдæй цы гомдзæст аззад, уый та царвæй айдзаг, рарттывта чы- сыл малæй, афтæ йæ иувæрсты æрбасыффытт ласта Бо- латон. Гыцци æмбæрста, цæй тыххæй фæзынд Болатон, уый. Æвæццæгæн, тæвд уæливыхы æхцон тæф йе ’мбу- дæнтыл ауад æмæ йæ æрдæбоны тыхджын æфхæрд дæр нал баурæдта, æрбатардта йæ хъазы цæсгом. Гыцци мæм йæ цæст æрныкъуылдта æмæ Болатоны афарста: — Цы, дам, мæ уæздæттæ, чындзг’ г — Зæгъын, сихор хæссын афон нæма у? — Ды цы сихор ацæттæ кодтай, уый цæвæджджын- тæн афонмæ хæрд дæр фæцис! — бауайдзæф кодта гыцци. — Ох, не ’фсин, мæрдон фынæй мыл бахæцыд æмæ нал райхъал дæн, — йæ гæды ’взаг аскъæрдта Болатон, 139
афтæмæй йæхи рæстытæ кодта, йæ цæстытæ та фых уæливыхы ныццавта. — Дæ цæстытæ фæзылын уыдзысты уæливыхмæ кæ- сынæй, фæлтау æй ахæсс æмæ дæхи хорз фен. — Ох, не ’фсин, æз дын амæлон, цы хорз адæймаг дæ æмæ дæ цæй ницæйаг чындз фæцис! — атад æфсины ныхасæй Болатон æмæ уæливых æд гуыдынхæссæн хъæдын тæбæгъ фæцæйхаста. — Тæбæгъ ам уадз, нæ уыныс, иннæ уæливых дæр райсинаг у. Болатон къаддæр тæбæгъы æрæвæрдта тæвд уæли- вых æмæ нæ цурæй йæхи айста. Æз цагътон мисын.-Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу асгæр- стон сера, кæд-иу ратыппыр, иуæд-иу къуыстилы къæр- мæг феппæрстон, йæ дымст ын-иу ауагътон æмæ та-иу къæрмæг фæстæмæ йæ бынаты æрфидар кодтон. Рай- дыдтон та-иу æй цæгъдын. — Дæ нывонд фæуон, хъæбул, æгъгъæд ын у, — рæв- даугæ мæм æрбадзырдта гыцци. Æз къæрмæг рафтыдтон æмæ къуыстилы хуылфмæ ныккастæн. Ставд къуыбæрттæй нæлхæ сбадтис йæ сæ- рыл. Фых уæливыхтæ æртыгæйттæ-æртыгæйттæ кæрæдзи сæрыл арæгъ-рæгъ сты. Уæдмæ фæзынд Болатон дæр, цъыллынджытæгæнгæ, райдзаст цæсгомимæ. — Марадз, фæрсудзгæ йæ уæддæр ныккæн, — загъта гыцци Болатонæн. — Дæуæн та, хъæбул, мæнæ дæ гуыл цæттæ, — хъæрмхуыппхæрæн стыр тæбæгъы мын æрæвæрдта иу стыр уæливых, йæ царв йæ сæрты кæл- гæ. Болатон йæ мидбылты бахудт, æвæццæгæн, загъта, уый цæй гуыл у, æнæхъæн гуыдыныйас уæливых куы у, уæд. Фæлæ дзурын ницы суæндыд, алыхатт дæр гыц- цийы раз аххосджын вæййы. Кæд æфсины уæлæнгай уайдзæфтæй аирвæзы, уæддæр. Æмæ йын, æниу, цы хъуамæ ракодтаид мæ дзæбæх гыцци? Болатон ац’ы хæдзармæ æрбахаудта бынтон æнæн- хъæлæджы. Цæвиттон, Лексо цалдæр хатты, Тбилисы йæ базайрæгтæ бабæстон кæнгæйæ, фæстæмæ йæ фæн- даг ракодта Багъиты хъæуыл. Цамел цард рагъмæ. фæ- хæрдгæнæны бын фæндаджы тæккæ был. Зыдта Лексо- йы. Куыроймæ йæм хаста йе ссинæгты къæрмæджытæ. Иуахæмы та Лексо Багъитыл йæ фæндаг куы ракодта, уæд Цамелтæй ракуырдта иу доны къус. Дон æм ра- 140
хаста Марта. Лæг нæ баууæндыд йæ цæстытыл. Чызгыл уыд хуымæтæджы джиппæйфыст къаба, фæлæ дзы зынд зæды хуызæн. Дон нуазгæ-нуазын ма йыл Лексо йæ цæстытæ ноджыдæр иу хатт æрхаста. Уалдзæджы хур- æфсæст уарди дидинæг йæ пух базыртæ куыд ракалы хурмæ æмæ йе ’хцон тæфæй алфæмблайы æрдзы уæл- дæф куыд æвæджиаг скæны, афтæ фæкаст Лексомæ Марта дæр. Уый фæстæ Цамелы хæдзарæй куы ацыд, уæддæр дзæвгар рæстæджы дæргъы йæ цæстыты раз лæууыд Мартайы фæлгондз, йæ сагъæсты зилдух кодта, фæлæ кæм æвдæлд Лексойы йæ дзаг хæдзар æмæ дука- нийы хъуыд’дæгтæй хъæутыл дзæгъæл лекка кæнынмæ. Стæйдæр, мæгуыр Цамел исты, миййаг, йе ’мсæр куы- нæ уыд. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр йæ бинонты ма- амæлайы къæбæрæй тыхæйты чи дары, ахæм. Баулæ- фыд æм ускуры номыл — цин дæр ма кæндзæнис. Уæв- гæ, Лексо иу-дыууæ хатты Цамелы сæхнмæ бадавта, ^куыроймæ сæм ссинаг куы ’рбахаста, уæд. Лексойы мад—мæхи гыцци сæ хорз федта. Цамел хатыд, Лек- сойы ’рдыгæй ахæм рæвдауæн митæ дзæгъæлы кæй не сты, фæлæ уæддæр бæлвырдæй ницы зыдта. «Æниу, стыр хицау куы радтаид ахæм хъæздыг хæстæджытæ. Кæд сæ бирæ бынтæй ме ’рдæм дæр исты рахауид. А-æндæр ницы, фæлæ мæ куыройы ссæггаг (минди) уæддæр нал исид. Æккой хæссæн дзæкъулыдзаг ссина- гæй дæр йæ къусы тона акæны алыхатт дæр». «Уæвгæ мын цы хæстæджытæ уаид, цы, — хъуыды кодта Цамел Лексойы тыххæй.—Хъæубæсты йе ’мсæр цæрæг лæг нæй. Комбæсты цæсты — ахадгæ. Дыууæ цæ- ды йæм галтæ, дыууæ стыр къамбецы, æртæ хъуджы, дыууæ бæхы: сæ иу — бинонтæн, иннæ — Згъар, зæгъ- гæ, йæ ном. Æрмæст дæр ыл Лексо^фæцæуы балцы. Цъалайы хъæуты цæрджытæ йæ дардмæ куы фенынц, уæддæр æй базонынц. Плиты Лексо та æрбацæуы йæ диссаджы бæхыл. Дæс бонгæнды йæм зæххытæ, ра- гъыл—гауызæвæрд угæрдæнтæ. Цъалайы—дыргъдон- цæхæрадон. Йæ тæккæ сыхæгтæ — æфсымæртæ Димо æмæ Антъо, устытæ куы ’рхастой, уæд нæ фидыдтой би- нонтæ æмæ байуæрстой, уыдонимæ та йын — иумæйаг куырой. Радгай кæсынц куыроймæ. Дæ рады цы минди райсай ссæггаг, уый дæхи. Æрмæст æй духъ фæкæнынц иумæ. Æрвылкомахсæны дæр æм вæййы хаст хуы" æр- гæвст, афæдзы бæрæгбæттæй алкæд дæр ачъепп кæны 141
кусарт. Дыууæ уагъды хойраджы арахъ, сыр-сыргæнгæ, æлутоиы хос нæртон бæгæны. Дзаджджын дидинæгыл мыдыбындзытæ куыд фæтыгуыртæ кæнынц, афтæ Лек- сойы бæркадджын фынгмæ дæр сæхи феппа^рынц куыв- ды адæм. Уымæй сæ алчидæр, хохæй рацыд æви быды- рæй æрбацыд, гъе та горæттæгтæ сты, йæ фыццаг хæ- сыл нымайы Цуцайы хæдзармæ бацæуын æмæ сын иу нуазæнæй раарфæ кæнын. «Хорз уаид ахæм хæстæг, бæргæ», мид-зæрдæйы ба- тæхуды кодта Цамел. Æмæ цæмæ бæллыд багъиттаг мæгуыр Цамел, уый йыл æрцыд. Ракуырдта йын йæ чызджы. Æрмæст ын йæ фыццаг скодтой, йæ сæнтты æдзух кæй уындмæ бæл- лыд, уыцы æрдхæрæны рæсугъд Мартайы нæ, фæлæ йæ хисдæр хо Макъойы. Цæвиттон, Цамелы æфсымæр Китъе йæ лæппуйы бонты афтыд Тбилисмæ. Ахуыр ницы скодта, фæлæ йæ иу къахыдарæс хуыйæг Дурмишхан, зæгъгæ, йæ ном, йæхимæ айста ахуыргæнинагæй. Зæрдæргъæвд лæппу уайтагъд фæцалх дзабырхуыйæджы дæсныйадыл. Бо- нæй-бон фылдæр кодтой Дурмишханы заказтæ. Иæ удæй артдзæгъдæн кодта Китъе, фæлæ Дурмишханмæ цас фылдæр æфтиаг цæуын райдыдта, уыйбæрц зыддæр кодта. Фæстагмæ райдыдта нуазын дæр. Бирæ хæттыты- иу къуыригæйтты йæ къух уазал доны нал атылдта. Æппæт куыстытæ æрæнцадысты Китъейы бæрзæйыл, Уый та сыл æххæсгæ нал кодта. Дурмишхан æмæ за- къазгæнджыты ’хсæн сарæх сты быцæутæ. Китъе кæд ницы аххосджын уыдис, уæддæр хайджын уыдис мæс- тытæй. Дарддæр ахæм хъуыддагæн быхсæн нæй, зæгъ- гæ, ныффæнд кодта Китъе æмæ Дурмишханæй фæхи- цæн. Баххуырста Тбилисы горæты æндæр районы фа- терДурмишханмæ дард ран, цæмæй йьгл ма ’мбæлдаид, Закъазтæ исын райдыдта йæхæдæг. Сдæууыд йæ къа- хыл. Фæзындысты æхцатæ. Балхæдта æрдæгарæзт хæ- дзар. Срæвдз уал дзы кодта иунæг цæст цæрынæн æмæ къахыдарæс хуыйынæн æрмадз. Йæ рудзгуытæй йын иу тæрхæгыл, равдысты хуызæн, æрæвæрдта диссаджы рæсугъд хуыд нæлгоймаджы цырыхъытæ, сылгоймаджы бæрзонд-зæвæт туфлитæ. Закъазгæнджытæ фæзынд, æвзыгъд дзабырхуыйæджы æнæлаз куыстыл сæ цæст æрæвæрдтой. Алкæй дæр сæ фæндыд, Китъе сын къахьх дарæс куы бахуыдтаид, фæлæ Китъе хæлæф нæ кодта. 142
Уый иста æрмæстдæр, цæсгомджын куыстæй йæ бон цас бауыдаид, уыйбæрц за^казтæ æмæ уымæй дæр фи-. дар æмгъуыдмæ. Йæхицæн æрæвæрдта фидар фæтк: ныхас загътай, уæд у лæг, дæ ныхасæн хицау. Ахæм фидар домæнтæй йæхимæ кæй цыд, уый йын адæмы, цæсты йæ кад фæтыхджындæр кодта. Нæ дымдта, нæ< нозта, дзæгъæл нæ хæтыд. Иæ æрмадзы куыстмæ цыД- кæддæриддæр нывылзылд, нывыл кондæй. Сылгоймаг заказгæнджытæй йæм иу æмæ дыууæ хатты не ’рхауд лæвар мидбылхудт. Æмæ, иуæй-иу сылуарз лæппутау, уый сæ разы нæ тад, нæ кодта зæрдæхъæрмттæ. Йæхи сæ дæрдты ласта. Сылгоймаджы хиуарзондзинад^ фыд- былыз у^ Цас ыл дæхицæй æддæмæ тынгдæр хæцай, уыйбæрц дæ зæрдæмæ арфдæр ныххилдзæн, ичъийау; дыл ныхæсдзæн. Иæ заказгæнджыты ’хсæн Китъейæн дæр уыд ахæмтæ. Фæлæ æгæр, æгæр куы кодтой, уисæн- сын нал и, зæгъгæ, уæд æрæмысыд хинвæнд. Балхæдта æвзист къухдарæн æмæ йæ рахис къухы æнæном æн- гуылдзыл бакодта. Къæйных сылгоймæгтæ йæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фарстой, чи у уыцы амондджын, дæ цæст кæуыл æрхастай. — Нæхи хъæуккаг чызг, мæ сабион бонты хæлар, — цыбырæй-иу дзуапп радта Китъе. Горæттаг хъал сылгоймæгтæ-иу сæ былтæ акъуырд- той, зæгъгæ, нæ æрдхæрæны къахдарæсхуыйæг горæты чызджыты .’хсæн иу йæхи аккаг не ссардта, фæлæ ра- куырдта хъæуккаг цавæрдæр хихойы. Уæвгæ йын æрго- мæй ахæм уайдзæф ничи бакодта, фæлæ йæ уымæй- размæйау тыхсын дæр нал кодтой. Фæстæдæр та фе- хъуыстой, Китъе йæ хихойы æркодта, зæгъгæ. Бирæтæ бæллыдысты, кæй æркодта, уый фенынмæ, фæлæ хæй- рæг Китъе Макъойы бафæдзæхста, цæмæй сылгоймаг заказгæнджыты цæстæй йæхи хызтаид. Хъуыды кодта, зæгъгæ, уадз сæ былыцъæрттæ хæрæнт сæ* фырцыбæл- дзинадæй. О, фæлæ цас хъуамæ фембæхстаид хъæууон чындз-. дзон чызг йæхи адæмæй, уæлдайдæр та горæты æвæ- джиау бынæтты æдзух хи ирхæфсын агуырдта йæ зæр- дæ. Æмæ райдианы цæуын райдыдта нæлгоймаг заказ- гæнджытæм. Уыдон Китъейæн былдауæн ныхæстæ кодтой, зæгъгæ, дæ хорз амонд фæцис. «Де ’фсымæры чызджы дын дæ ус рахонæд, уый æбуалгъ хъуыддаг у», — Китъе нæлгоймаг заказгæнджытæн рахъæр кодта 143
æцæгдзинад. Уыдон та йæ алæвæрдтой сылгоймæгтæм. «Æмæ йыл исчи тыхæй уыд, — дæлæмæ дæр æмæ :уæлæмæ дæр дзабырхуыйæг», — сылгоймæгты ’рдыгæй фæцис уайдзæфгæнджытæ. Æрцыдысты Китъейы хъус- ’тыл дæр. Фæлæ сылгоймæгтæ æрмæст ууыл нæ банца- дысты, — адам-дум ыл кодтой, Китъе лæг нæу, зæгъ- гæ, æмæ сылгоймæгтæй йæхи дæрдты уымæн ласы. Дæ фыдгул сылгоймæгты дзыхы бафта. Дам-думыл къæдзил æмæ базыртæ уайтагъддæр разад æмæ йын ’фæзынд зæрдæхæларæй тæригъæдгæнджытæ дæр. Чи нын дæсны бафæрс дзырдта, чи йын зынгæ’ дохтырты -адрестæ лæвæрдта. Фæлæ-иу Китъе йæ мидбылты хи- нæйдзаг худт бакодта, ома мыл цасфæнды дам-дум таенæнт горæттаг рæузонд къленц сылгоймæгтæ, уæддæр 'Китъе лæг у æмæ рогзонд митыл не схæцдзæн. Кæд ссарон иу мæхи хуызæн бонзонгæ чызджы, уæд мын :хъысмæты ’рдыгæй нывонд цы у, уый иувæрсты нæ ахиздзынæн æз дæр. Фæлæ йæ, зæгъын, Китъе мæгуыр лæг у æмæ горæты рог лæгтау къуырийæн ус нæ кур- дзæн. Алы сылгоймаг дæр йæ фыды хæдзар уымæн ныууадзы, цæмæй искуы æндæр ран цардæй исты фе- на. Æмæ сын мах фенын кæнæм цард? Æнхъæл нæ дæн. Æз кæй зонын мæнæ мæ алывæрсты, уыдонæй иу-стæм ’бинонтæй фæстæмæ иннæтæ иууылдæр цæрынц æмхуы- вон. Сæ мызд æрбахæсдзысты хæдзармæ æмæ ууыл сæ \дзул лæвæрд фæци. Усай, дæ сæр хой, дæ удæй арт- дзæгъдæн кæн, фæлæ хæдзары иннæ мызд райсынмæ хьуамæ уа аходæн, сихор, æхсæвæр. Хæдзар уа хъарм :æмæ рухс. Бинонты дарæс æхсад æмæ итувæрд. Уазæг куы ’рбацæуа, уæд уымæн дæр дæ бæркадæй балæггад кæн нывыл. Ахæм бинонты царды сылгоймаг куыд ца- гъар уыд, афтæ цагъарæй баззад/Уый цард нæу, фæлæ удхъизæмардзинад. «Гъе, Китъе, ды нын нæ сылгоймæгты зонд ма схæццæ кæнай», — хъазгæмхасæн уайдзæфтæ йын-иу -кодтой æввахсдæр хæлæрттæ. «Мæнæй сын ма тæрсут, фæлæ сæхæдæг куы растой, уæд уын зынаргъдæр слæудзæн хъуыддаг, фæлтау сыи афоныл фæрогдæр кæнут сæ уаргъ», — уисæн нæ кодта ^Китъе дæр. Афтæ цыдысты бонтæ, къуыритæ. Иуафон æм Тби- ^исмæ фæхабар кодтой: тагъд нæм чындзæхсæв уы- дзæн. Мартайы ракуырдта Захъхъоры хъæуккаг Плиты 144
Лексо æмæ уæм Ичъынаты, фæстаг къуыри Макъоимæ æнхъæлмæ кæсæм, зæгъгæ. Китъе х’орз зыдта Лексойы, æмæ йын хъыг нæ- уыд цины хабар, кæд æм царды исты фенид ме ’фсымæры чызг, зæгъгæ. Фæлæ Макъойы хиуарзондзинад фел- хыскъ кодта хабар. Иæхинымæры рахсыст: «куырм, къуылых, зондцух нæ дæн, уæдæ мæ фыды хæдзары мæ дадалитæ дæр не ’руагътон, уæд иронæфсарм нал ис, æви мæ разæй кæдæм агæпп кодта?» Макъойы уавæр хатыд Китъе дæр, кæнгæ дæр æй уымæн ракодта Тби- лисмæ, кæд æй иу хъæздыг лæджы къухы ныссадзин, зæгъгæ^ фæлæ, марадз зæгъ, горæттаг цæсты ахадгæ сылгоймæгты ’хсæн йæ рæсугъддзинад ницы рыг скалд- та. Уæдæ, Китъейы зæрдæ нæ барухс сылгоймаджы дарæсхуыйæг Аникъойы ныхасæй дæр. Уый дæр, Китъе- мæ туфлитæ чи ныззаказ кодта, уыдонæй иу уыд. Йæ туфлитæ куы сцæттæ сты, уæд сын къухмæ райсын æв- гъау кодта. «Китъе, дæуæн ис сыгъзæрин къухтæ, фæлæ хъы-' гагæн, ахæм туфлиты аккаг къаба де ’фсымæры чызг Макъо йæ цæрæнбонты дæр никуы бахуыйдзæн. Цал ахуыргæнинаджы мæм уыдис. Бирæтæ дзы мæнæй фæ- хуыздæр сты. Уый ахуыргæнæгæн хъыг никуы уыдзæн. Æгайтма йын йæ уарзон дæсныйад дарддæр кæнынп арæхстджындæртæ. Фæлæ Макъойыл дзæгъæлы фыдæ бон кæнын. Хуыйæг дзы нæ рауайдзæн. Æз кæнын æцæг хуыйæджы кой. Ды дæхæдæг мастер дæ, мæ ны- хас мын æнæ дæлæ-уæлæйæ æмбарыс. Гъе, уымæ гæсгæ йæ бакæн æндæр исты куыстуатмæ, заводмæ, фабрикæ- мæ. Æнæуый æгъдауджын чызг у, фæстæмæ нæ дзуры иуæй-иу къæйныхтау, нæ дæр æм хивæнд митæ ис, фæ- лæ хуыйæн моторы æгъуыстаджы симфони нæ хатыпц йæ хъустæ, кæлæнгæнæг сынк не ’нкъарынц йæ уырз- тæ», — йæ мидбылты уæздан бахудт Авдкъо. Китъе йын йæ туфлитæ нывæрдта чысыл кæттаг хызыны æмæ йæ дуары онг рахизын кодта. * * * Ичъынаты фыццаг къуыри Багъиты хъæуы адæм цъиуæй-бæдулæй уыдысты Болататы Цамелы хæдзары. Абон — хъæубæсты нымд Мартайы чындзæхсæв. Хъæу- бæсты адæмæй дарддæр чындзæхсæвмæ фæзындысты 10. Хацырты С. 145
æввахс хъæутæй хæстæджытæ, хиуæттæ. Ис дзы гуыр- дзиаг хъæутæй. Гурæй стыр хуынимæ’ æрбацыдысты Мартайы натлиатæ, Тбилисæй æрбацыдысты Китъе æмæ Макъо дæр. Китъе æмæ Цамел уæрст нæ уыдысты. Иу хæдзары цардысты. Иу хæдзары арвыстой сæ царды бонтæ. Æрмæст, Китъе уыд зæнæджы кæсдæр. Цамел дзы — æнæхъæн стдæс азы хисдæр. Раджы уыд Китъе- йæн дæр ус æркæныны афон. Фæлæ, о, ацы æлгъыста- джы талынг æгъдæуттæ. Иæ удæй фылдæр бауарзта Колоты хъæуккаг Датуиашвили Амираны чызг Маяйы. Кæддæр ныхасмæ дæр æрцыдысты. Чызджы зæрдæмæ фæцыд лæппу йæхæдæг дæр. Уæдæ ныхмæ нæ уыдысты чызджы ныййарджытæ дæр. Баныхас кодтой, иннæ къуыри æнхъæлмæ кæсæм фидауджытæм, зæгъгæ. Уы* цы бон зæрдæхъæлдзæгæй цыд Китъе йæ хæдзармæ. Рæсугъд царды фæндтæ кодта йæ сомбоны хуры тын Маяимæ, йæ зæрдæхæлар каистимæ. Фæлæ бирæ нæ ахаста йæ циндзинад. Æртыккаг бон колоттаг лæппу, йæ сомбоны каисты дыккагхæдзары лæппу Къоцъиа, æрбахаста Багъитмæ, фыдуац, Маяйы аскъæфтæуыд, зæгъгæ. Хъæубæстæ, хæстæджытæ иууыл фæдисы сты, фæлæ ницыма фæдыл фæхæст сты, зæгъгæ. Фæдисы ацыд Китъе йæхæдæг дæр, фæлæ скъæфджытæ цыма зæххы окъуыды ныххаудысты, уыйау фесæфтысты. Уæвгæ, фæстæдæр хъуыддæгтæ куыд рабæрæг сты, афтæмæй чызджы аскъæфта Хъазбеджы районæй иу гуырдзиаг лæппу Окропъиридзе Гиви. Минæвæрттæ бар’выста йæ каистæм. Бафидауыны разыдзинад куы райста чызджы ныййарджытæ æмæ мыггагæй, уæд сæм иуабонæй иннæ- абонмæ хъæубæстæ цы минасы фынгыл бадтысты, ахæм уæзгæ хуын ныххаста. Чызджы мадæн. балæвар кодта дуцгæ хъуг, бæхы уаргъ уæргъуын къуымбилтæ, чыз- джы ’фсымæрæн дугъон бæх æд æвзистгоппджын саргъ. Бæхы рагъыл æрдыдæгътæ мохеуты быд гауыз. Æввахс хæстæджытæй никæй ферох кодтой, алкæй дæр сæ ба- рæвдыдтой. Хуыихæсджытæ сæхæдæг дæр^ уыдыстьь амæй-ай равзаргæдæр фæсивæд, хохæгты зынаргъ да- рæсы. Алкæуылдæр сæ галиуæрдыгæй фæтæнком хъама, рахисæрдыгæй — сæрак агъуды дамбаца, уæхсчытыл — топпытæ æд хъатаратæ. Се ’хсæн уыд æрмæстдæр иу- н&г хисдæр — сиахсы фыдыфсымæр Ростъом. Хъазбе- гæгтæ афтæ хотыхджын æмæ бирæйæ кæй фæзындысты, уымæн уыдис йæхи аххосæгтæ. Иуæй хъуыды кодтой, 146
зæгъгæ, гæнæн ис æмæ чызджы мыггаг фæлывдæй сра- зы сты, цæмæй сæ æрсайой æмæ сын æбуалгъ митæ фæ- кæной, райсой сæ маст. Аннæмæй та æдас нæ уыдысты, кæй чындзаг аскъæфтой, (кæд фидыд "нæма уыдысты, уæддæр), уыдонæй. Чызджы мыггаг сын æй куы бара> уæддæр, гæнæн ис, æмæ сын æй багъиттæгтæ ма ныбба- рой. Цыбыр дзырдæй, хъазбегæгтæ дыууæ хъуыддагма* дæр хæстæввонгæй цæттæ уыдысты:' Фæлæ хъуыддæгтсе ацыдысты рæсугъддæр куыд нæй зæгъæн, афтæ. Китъе зондджын лæг уыди. Нæ йæ бафæндыд йæ уарзон чызджы амонд туджы сæвдулын. Фæлæ рагацау зыдта, хъæубæстæй йыы æй исчи сомбопы куы бафп- дис кæна, уæд ахæм æфхæрд никæмæн ныббардзæн,. у^шæ гæсгæ йæ сæр аппæрста Тбилисмæ æмæ уым аны- гъуылди адæмы ’хсæн. Райдианы йæ хиуæттæ дæр, кæм фесæфт, уый иæ зыдтой. Ныр мæнæ фæзынд йæ уар- зон æфсымæры чызг Мартайы чындзæхсæв’мæ уæзгæ хуынтимæ. Йæ хойы чындзæхсæвмæ фæзынд Макъо дæр. Кæм ма уыдис хъæууон чызг. Йæ сæрыл — бæрзонд шляпæ йæ’уæрæх чъилтимæ, разæй йын йæ ныхыл ны’ссагъта мæлхъы къæдзилæй дæргъæй-дæргъмæ цалдæр сись< æмæ-иу чызг сæртæг змæлд куы фæкодта, уæд-иу уы- дон дæр базмæлыдысты, арвы ронау, алыгъуызон æрт- тывтытæгæнгæ. Йæ къухтыл — урс æрмкъухтæ, ’ урс костюмты, саулак бæрзонд-зæвæт туфлиты, Китъейæн йæхи хуыд. Хуры тынтæ сæ хъазыдысты. Йæ ныхыл ын цыма нсчи æхсырфы дыууæ зиллачы аныхæста, уыйау æртасыдысты æрфгуытæ цæстыты сæрмæ. Мæгуыр зæх- хыл нартхоры хæтæлтæ нугайч куы нысхъæл вæййынц, уыйау разындысты, сау ахорæнæй кæмæ фæкаст, йге уыцы цæстыхаутæ. Былтæ — уардигъуыз. Йе ’мсæр чыз- джытæ æмæ лæппуты цыма зонгæ дæр нал кодта, йæхи афтæ дардта. Хъæубæсты адæм ыл пыррыччытæ кодтой. «Мартайы фæхъхъау фæу, кæд ды уымæн йæ иу дзырд. йæ иу ацыд, æрбацыды аргъ дæр нæ дæ. Æмæ, дам„ мады гуыбыны хъулæттæ нæ вæййы? Уæдæ, уый циу? Дæ-дæ-дæй, цæйнæфæлтау нæ фæсивæд горæттæм цæ- уой æмæ нæм фæстæмæ ахæм маймулитæй здæхой, фæлтау-- мæлæт!» Макъойы уындæй сæ зæрдæ тыхст хъæубæсты ацæргæ устытæн. Тарæрфыгæй-иу ыл сæ цæст æрхастой ацæргæ лæгтæ дæр. Дæлгоммæ ныхас- уарзаг хинæйдзаг лæг Хымхи йæ афарста: 147
— Макъо, а-дæ фадбарцæй нын нæ зæрдæ барухс кодтай — зæд æртахтис нæ мæгуыр БагъЪты хъæумæ, фæлæ ма ноджыдæр истæмæ арæхсыс? — Къуырмайæ дæр кæм бадтаин горæты. Уым, æп- пын дæ куы ницы аразын фæнда, уæддæр дæ хæйрæ- джы ’взагæй сдзурын кæндзысты. Дæ фыны дæр æн- хъæл кæмæн нæ уыдтæ, ахæм дæсныйæдтыл дæ сахуы[) кæндзысты. Кæсыс мæ дарæсмæ. Туфлитæй фæстæмæ иннæтæ иууылдæр мæнæ ацы дыууæ къухæй хуыд сты, — йæ дыууæ къухы æрмкъухты тъыстæй размæ ра- даргъ кодта. Аникъойы куыстытæ рахуыдта йæхи. — Дæ сæрыл цы хосы цъына ис, уый дæр дæхи хуыд у? — уисæн нæ кодта Хымхи. — Туфлитæ Китъейы хуыд сты, иннæтæ иууылдæр а-чызджы къухты уды фæллой сты. — Омæ уый та цавæр маргъы систæ сты кæнæ йæ кæм æрцахстай? — Уый мæнæ нæхимæ хиуа зоныс, ахæм маргъьг мыггаг у, фæлæ стырдæр. Зоопарчы цæры. Мæнæ нæхи- мæ нæл гогыз йæ базыртæ куы ’рæппары æмæ сæ зæх- хыл куы фæхафы, раст уый хуызæн вæййы уый дæр. Æрмæст уый уæздан маргъы мыггаг у æмæ сæ зæххыл нæ фæхафы, фæлæ райсомæй хуры цæст чысыл куы сзыны бæрзонд хохы фæсчъылдымæй æмæ йæ тынтæ арвы ^тыгъдадмæ куыд фервиты, раст уый хуызæнæй фæзыны мæлхъы къæдзил дæр. — Омæ йæ ахсгæ та кæм æркодтай, ахсгæ? — Хымхи, ды мынæхца зæгъ, æндæра Тбилисы ба- зары мæлхъы систæ нæ, фæлæ маргъы ’хсыр дæр бал- хæндзынæ. Хæдзары фарсмæ ставд-зæнг, фæтæнцонг стыр æн- гузбæласы бын — цъæх нæууыл сытынг хъазт. Ирон фæндыры æгъуыстаджы зæлтæ циндзинад хастой æп- пæтæн дæр: æрхонгæ адæмæн дæр æмæ чындзхонтæн дæр. — Гъех, уæдæ нын иу симд æнæ ’ркæнгæ нæй, Ма- къо, табуафси, — бахатыд æм Хымхи. — Иу-чысыл мæ хомæ бакæсоп, тагъд’фæзындзынæн æз дæр. — Макъо фæхицæн хъæлдзæг адæмы къордæй I æмæ, Марта цы уаты уыд, уырдæм бацыд. Мартайы цæстытæ ныррæсыдысты фыркæуынæй. Иæ хæкъуырц- цæй нал æмæ нал æнцад. Иæ фыд Цамел чызджы фæрс- гæ дæр нæ бакодта, радта йæ Лексойæн. Фыд хъуыды 148
кодта: «Цы ’мбары æдылы чызг сылгоймаджы æцæг амондæн? Гæвзыкк æмæ мæгуырæй кæй схъомыл, уый йын æгъгъæд фод, ныр та хъуамæ йæ цардæй айциу- айциу кæна».Фæлæ уый Цамелы хъуыды уыд. Къæдзæ- хыйас Лексойы цур Марта чысыл куклайы хуызæн зынд æцæгæйдæр æмæ йын иунæг йæ уындæй дæр тæрс- гæ кодта. Разы уыд амæлыныл, уæддæр æй Плитæм чындзы цæуын нæ фæндыд. Макъо йæм куы бацыд, уæд йæ разы зонгуытыл æрхауд, ныттыхст йæ хойы зæнгтыл, ныллæгъстæ йын кодта: — Мæ уарзон мадызæнæг, мæ зынаргъ хо Макъо, сæфы дæ амондсыгъд кæсдæр хо/Марта.æмæ йæ сæфын ма бауадз. Хисдæртæй мæ уды хъизæмар никæмæ ба- хъардта, ды фехъус дæ рыстзæрдæ хойы фæдисыхъæр. Баххуыс • мын кæн, æндæра райсом фырфæсмонæй дæ рустæ тондзынæ. ’ ’ — Бахатыр кæнут, чызджытæ, Иу-чысыл нæ иунæ- гæй фæуадзут. Дуду, ды лæуу, мæ ныхæстæн æвдисæн уæддæр уыдзынæ. — Чызджытæ уайтагъд феддæдуар сты. Макъо фæстейæ дуар æрæхгæдта. Баздæхт йæ’хо- мæ æмæ йæ фæрсы: — Цы дын 7мæ бон у, Марта. Фидауыны рæстæджы ам нæ фæдæн. Ныр та дзы æнæцæугæ ыал ис. Плиты хъалтæ худинаг сæ сæрмæ не ’рхæсдзысты, тыхæй дæр дæ ахæсдзысты, уæвгæ сæм исчи ныхмæ фæлæууыд, — мыггагскъуыд нæ фæкæндзысты. — Уæдæ мын ды дæр ницы '’ххуыс кæныс? —скъуыд- зæл, тæригъæддаджы хъæлæсæй афарста Марта, — æмæ йæ къухы ферттывта даргъфистонджын кард. Ма- къо чызджы къухтæ ацахста, срæдывта йын йæ кард. — Мæиæ чызг сæрра! Фæлæ уæддæр, Дуду, æз не ’ууæндын ацы хъуыддагыл. Афтæ мæм кæсы, цыма мæ уарзон хо(мæ сæрты кæй ахызт, уый тыххæй кæны ахæм фæдфæливæнтæ. — Æмæ ма уый фæстæ ацы мæнгард дунейы цæрын æм- бæлы? Дæ иунæг хо дын а-дæ зæрдæрис ма ’мбарæд, фæ- лæ ма дыл дызæрдыгтæ кæнæд, — Дудуйыл йæ сæр ба- къул кæнгæйæ, хæкъуырццæй куыдта Марта. — Цæмæн равзæры ацы æлгъыстаг дунейыл сылгоймаг? Цæмæй йæ фосау уæй кæной. Цæуылнæ йæ исчи бафæрсы, ды дæр адæймаг куы дæ, дæ риуы зæрдæ куы ис; дæ уæхс- чытыл сæр куы хæссыс, уæд дæм ницы царды фæнд- тæ ис? Никæй уарзыс, ничи дæ уарзы? Хуыцау сæ ба- 149
хизæд ахæм буц митæй. Уый бæсты сын æнцондæр у цъыф къахæй лæмæгъ кæрдæджы сыфтыл балæгæрдын. Ныххатыр мын кæн, мæхи Дуду, мады рæвдыд дæ зо- нын, хатыр курын дæуæй дæр, мæ хъæбæрзæрдæ хо, æгæр мæ цæсгом суагътон, фæлæ мæнæн æнцондæр уы- лаид ацы сусæгдзинад мемæ мæрдтæм ахæсеып, фæлæ атьатыр у хъысмæт. Лæмæгъ кæрдæджы халыл дур лыффæлдæхы æмæ уый царддæттæг хуры рухс куыд нæ -фены, афтæ нын цагъардзинад сбаста нæ къабæзтæ æмæ æбæрæг талынджы джиуæм — Афтæ у рагæй фæстæмæ нæ хъысмæт, дæ нывонд фæуон, — Дуду йæ риумæ тынгдæр æрбалхъывта Мар- тайы сæр. — Нæ хъæуы мæн ахæм цард. Нæ хъæуы мæн, йæ хъæздыгдзинады цæстæй чи кæсы, уыцы Плиты сæр- бæрзонд Лексо дæр. Æз уарзын мæхи хуызæн мæгуыр лæппуйы, уарзы мæ уый дæр æмæ нæ мæлæты йеттæмæ ницы фæхицæн кæндзæн. — Гъæй, судзгæбонтæ! Сæфæм, сæфæм, Макъо! Исты æрымысын хъæуы. — Цы мæ бон у, Мартайы бæсты чындзы нæ фæцæу- дзынæн, миййаг. Æндæра хуьшау куы радтид Лексойы хуызæн лæппу, хуры фырты хуызæн. Уымæй —хъæздыг. дзырдарæхст. — Ме ’взаг æй зынæй кæрды, фæлæ Мартайы тæри- гъæдмæ кæсыи мæ бон нал у. Исты ^æрхъуыды кæн, Макъо! —бахатыд та йæм Д>ду. — Дуду, мæ зынаргъ Дуду, нæ мады амæлæты фæ- стæ нын мæ кæсдæр хо Мартаимæ сидзæрдзинад ферох кæнын кодтай. Дæ алы сулæфтæй дæр дæ æмбæрстон. Æмбарып дæ ныр дæр. Дæу, нæ хъомылгæнæджы, зæ- гъын бæнды, ома, Мартаимæ мах стæм иу халдих, æмхуызæттæ, дæхæдæг дæр нæ хæццæ кодтай. Мартамæ мæ номæй дзырдтай, мæпмæ — Мартайы. Æмæ æрцыд хорз фадат, цæмæй мæ кæсдæр хойæн равдисон хисдæр хойы уарзондзинад æмæ йæ бæсты чындзы фæцæуон Плитæм? Афтæ нæ? Раст дæ бамбæрстон? Дуду йæ сæр разыйы тылд бакодта. —’Æмæ ць* зæгъы Марта йæхæдæг та? Йæхи дзыхæй мæ фæнды фехъусын, уыцы стыр амонд йæ хисдæрæн йæ цæст уарзы? Марта ногæй йæ зонгуытыл æрхауд Макъойы раз æмæ та йе ’рдиаг райхъуыст: 150
— Фервæзын мæ кæн мæлæтæй, Макъо... — Разы дæн, мæ зынаргъ Дуду. Уæлæмæ рæвдз- дæр, — йæ габазæй фелвæста Мартайы. — Дæ дарæс, — æмæ йæхи уæттæ калынмæ фæцис. Чысыл фæстæдæр Макъойыл уыд чындздзон зынаргъ дарæс. Æз дын зæгъон, нæ балхæдтаид Лексо йæ сомбоны цардæмбалæн цæсты ахадгæ уæлæдарæс. Урс-урсид æд- гуыр къаба, ногуард митыл хуры тынтæ куыд фæхъа- зынц, афтæ тыбар-тыбур кодта. Риуы ’гънæджытæ, стъалытау, хъазыдысты. Сæрыл—даргъхауджын урс цыллæ кæлмæрзæн.. Кæлмæрзæны бынмæ сæрыл цъæх хъæдабæйæ худ, ных æнæхъæнæйдæр æмбæрзта, йæ сыгъзæрии нывæфтыд æгънæджытæ тыбар-тыбур код-ч той. Худы чъилтæй дæллаг хъуырмæ цæсгомыл æрзæй кодта урс-урсид хыз. Макъойы дарæс та скодта Марта. Нæ йæ фæндыд æрмæст Макъойы дудахъ х^д ныккæнын, йæ былтæ сыпх ахорæнæй байсæрдын. Фæлæ цы æнæнхъæлæджы хъуыддаг сырæзт, уый цинæй алнæуыл дæр уыд разы. Мярта Макъойы дарæсы йæ хойы цæрмæстыгъд ба- кодта. Æрлæууыдысты дыууæйæ дæр Дудуйы раз. — Мæ мæрдтыстæн, кæд уæ хæйрæг дæр равзар- дзæн! — йæ мидбылты фæхудт Дуду. — Уæ, ма зæгъ, равзардзæн, Марта йæхи афтæ куы дара, уæд.' Ды дæ ныртæккæ Макъо, бамбæрстай? Худ, цин кæн, уымæн æмæ дæ уарзон хо йæ амонд ссардта, чындзы цæуы. Ды та, хуырым фысау, схъен дæ. — Ныххатыр мын кæн, фæлæ мæ ныр дæр нæма уырны. фыдбылызæй фервæзтæн, уый. — Ды дзы фервæзтæ, мæн та дзы æппаргæ ныккод- тай, — йæ хойы сæрыл, рæвдаугæ, йæ къухтæ ’рхаста Макъо — Æппæт дæр нывыл у, дуар бакæнут, уæ нывонд фæуон. — Дуду дыууæ чызджы йæ хъæбысы æрбакодта, Æлдейæ фæндыры кæлæпгæнæг зæлтæ, къухæмдзæгъд æмæ радгæсы «æрс тох» тыхджындæрæй æрбайхъуысты- сты. — Уæд дын æз амæлон, Марта, мæ удылхæцæгимæ мын дзæбæх куынæ æпсимдтытæ кæнай, — йæ æцæг ролы хъазын байдыдта Макъо. Дуар куы байгом, уæд мидæмæ æрбакалдысты сы- хæгты устытæ æмæ чызджытæ. Цыма чындз фыццаг Г«- 151
хатт федтой, уыйау ыл æмбырдтæ кодтой. Уый та йæхи смæгуыр кодта æмæ сæм каст æнкъарддзинадæй йедзаг цæстытæй. Радгæс æцæгæйдæр ракафын кодта Лексо æмæ йæ сомбоны «усы хо» Макъойы. Уый фæстæ дамбацайы æртæ гæрахы сызнæт кодтой хъæубæсты куыйты. Къу- хылхæцæг, чындзы къухыл хæцгæйæ, къонайы рæхысы цурты куы рацæйцыдысты, уæд йæ хъама æрсæрфта рæхысыл, æхсныф феппæрста цæджындзæй дæр. Чындзы ракодтой кæртмæ. Базгъордта йæм, гæдывад митæгæнгæ «Макъо» дæр æмæ йыл ныттыхст. «Марта» йæ фел- хыскъ кодта, ома, хорз арæхсыс дæ роль(æххæст кæ- нынмæ. Чындзхонтæ сбадтысты сæ бæхтыл. Зæрæдтæ сæ фæндагсæр Уастырджийæн фæдзæхстой. Кæсдæртæ та сæ суанг рагъы сæрмæ схæццæ кодтой. ^Афтæ фæцыдис Цамелы хисдæр чызг Макъо чындзы. ’Макъо райдианы æдас нæ уыд, цы хабар сарæзта, уымæй. Куы рахъæр уа æмæ мæ куы атæра, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ йæ удæй артдзæгъдæн кодта. Бинонтæн хисдæрæй-кæсдæрæй—сæ райсомы артгæнæг, сæ изæ- ры уатгæнæг. Иу уысм æй иуран лæугæ нæ федтаис. Фыццаг кæркуасæнты-иу фестадйс. Нæхимæ хохаг даргъ хъæдджын бæрз уисой-иу райста æмæ дæргъæй- дæргъмæ уынг марзта. Зымæгта йын-иу йæ мит ныххаф- та. Сыхæгты кæрты ’рдæм-иу бавналынмæ хъавыд, фæлæ уыдонæн сæхи чындзытæ дæр, къæм абадын йæ уæлæ чи бауагътаид, ахæмтæ нæ уыдысты, Болатонæн дæр бамбарын кодтой, зæгъгæ, ног цъылын мæрзаг у, фæлæ дæ уæддæр ницы ’фсæрмаг ис. Нæ кæрт нын куы мæрзай, уæд нæ нæ лæгты цæсты бафтаудзынæ. Æмæ мах та сыхæгтæ стæм, хъуамæ хæларæй цæрæм. Уыцы ныхæстæ Макъойæн зонд-зонæн уыдысты. Æргомæй ни- цы загъта, фæлæ сæ йæхинымæры ралгъыста: къах уæ роны, уæдæ, кæд уæ кæрт мæрзынмæ мæ былыцъæрттæ нæ хæрын, зæгъгæ. Нæхи кæрт мæрзгæйæ дæр, мæ уд Æрджынарæгæй нарæгдæр свæййы. Цыбыр дзырдæй, Болатон ба^ауд сæрæн чындзыты нымæцмæ. Æппæлыдысты дзы хæдзар, мыггаг, хъæу- бæстæ. Хуыдтой йæ цæхæр. Ахæм æвзонг чызг æмæ афтæ æвзыгъд, цы ма хъæуы, уæдæ, стырдæр амондæн. Амондджыныл йæхи нымадта Лексо дæр. Фæлæ Бола- тоны æвзыгъддзинад бирæ нæ ахаста. Фыццаг лæппу 152
йын куы райгуырд, уæд къæссавæлдæхт фæцис. Бйнон- тæ æмбæрстой сæ чындзы уавæр, уæлдайдæр та гыцци: сывæллон кæуаг уыд. Æхсæв-бонмæ йæ бæгъ-бæгъæй не ’нцад. Райхъал-иу кодта бинонты. Макъо та лоло кæнын бирæ уарзта. Уымæй дæр кодта тарф фынæй. Цалын- мæ-иу æй йе ’фсин тынг ныууыгъта, уæдмæ нæ хъал кодта. Фæлæ-иу уæддæр æрдаегфынæй" мад, сывæлло- нæн дзидзи даргæйæ, авдæны хъæдыл афынæй. Иæ сæр уынгæджы уыд фыдахин сывæллонимæ. Бон ын-иу фа- дат фæцис, уæлдайдæр, лæгтæ куысты: йæ хицау Цу- ца — фиййау; йæ лæг йæ дуканийы бацардис æгасæй- дæр. Сихор хæрынмæ дæр не ссæуы. Æфсин дæр фыл- дæр цæхæрадоны куыстытæ фæкæны. Æмæ-иу Макъо сывæллоны кæуын нæ, фæлæ сармадзаны æхстæй дæр нæ райхъал уыдаид. Иухатт æй афтæмæй æрбаййæфта Лексо. Сывæллоны хъæлæс ныффæсус фыркуыдæй, ба- цъæх йæ цæсгом. Лексо Макъойы радавта йæ габазæй æмæ дын ай иу> ай дыууæ. Уырды над æй фæкодта. Ахъаззæгтæ1 йыи ныссидт йæ мад æмæ йæ-фыдæн дæр, кæд дæ лоло кæнынмæ не ’ркодтон, зæгъгæ. Уыцы нады фæстæ Макъо боныгон фынæй кæнын никуыуал бауæн- дыд. Лæугæйæ-иу æркув-æркув кодта. Фæстæдæр азты Лексо бацис æртæ лæппу æмæ иу чызд^кы хицау, уæддæр йæ усы баивд нæ базыдта. Фæлæ, дам, сæнæфсиры давд мартъийы фæбæрæг вæййы. Нæй дунейыл иуиæг сусæг- дзинад дæр, адæм кæй нæ базонынц. Рахъæр Лексойы усы баивд дæр. Адæм ыл фæсаууонмæ худæгæй сæхи хастой. Де ’знаг æм æргомæй бауæндæд, — йæ алмаси хъама сæ никæмæй раздæхтаид. Уæвгæ, цыдæр кæй æрцыд йæ царды, уый зæрдæаивæй хатыд. Фæлæ цы, уый нæ зыдта. Æрмæст ыл фæсаууонмæ цыдæр дамтæ кæй кæнынц, уый йын иу хатт йæ хъусы бацагъта йæ рогзонд сылтæй сæ иу — Буцинæ, зæгъгæ, йæ ном. Сыл- уарз лæг Лексойы дуканийы иубон сихорафон смидæг. Хæрам цæстæй хи хизын хъæуы, зæгъгæ, Лексо-иу ра- цыд æддæмæ æмæ-иу Цъалайыл дæлæмæ-уæлæмæ йæ цæст ахаста. Ничи æрбацæуы/ зæгъгæ. Цъалайыл цы адæм цыд, уыдон-иу æлхæнгæ куы ницы чкодтой, уæддæр-иу Лексойы дуканимæ фездæхтысты. Ахæм рæстæджы исты бафиппайдтой — ныххудинаг кæн- дзысты адæймаджы. Гъемæ Буцинæ цыдæр йæ чемыл нæ уыд ацы хатт. Иннæ бонты-иу Лексойы хъуырыл йæхæдæг æрцауындзæг.* Дуканийы гæрхджытыл-иу йæ 153
мыстулæджы цæстытæ зыдæй арадав-бадав кодта./Кæм- иу, битъынайы ад чи кодта, уыцы къанфеттæй фелвæста муцъийыдзаг, кæм-иу гæрзтæ ’хсæн сапон систа йæ къухмæ, Лексойæн уайдзæфгæнгæ: «Кæд дæуæй хæз- гул нæй. Æз фæныкдонæй æхсын мæ хæррæгътæ, амæн та йæ сапæттæ тæрхджытыл лæзæрынц. Дæхи ус дæр фæныкдонæй æхсы гæрзтæ?» — Лексойы хæдзарыл зæй не ’рцыд, миййаг, æмæ йæ рæсугъд ус фæныкдонæй æхса гæрзтæ. — Мæ амондскæнæг дæлæмæ ’рхауæд, æндæра дæ ус мæнæй цæмæй хуыздæр у? Кондæй? Уындæй? Асæй? Уыцы ’ртæ хъуыддагæй иуæй дæр мæ цуры рыг не скалдзæн. Фæлæ мæн нæ фæцис амонд æмæ мыл уый тыххæй ичъиау нынныхæст дзæгъæлкъах, рæузонд, хæ- таг сылгоймаджы ном. Буцинæйы ныхæсты æгæр бнрæ хæрамдзинад уыд, фæлæ цæй аххосæй, исчи та йын фæфидистæ кодта æви йæхи усы кой куы скодта, уæд æм йæхи уарзондзинад сдзырдта? Æмæ сылгоймаджы ныхас цæхгæр фæлыг кодта. Карзæй йæ бафæдзæхста, зæгъгæ-ма, искуы Бо- латоны кой скодтай, — уырды над дæ фæкæндзынæн. Болатон мæ ус у. Мæ æртæ фырт æмæ иу чызджы мад. Æмæ мын ды та чи дæ? Дæлмæдæр æмæ уæлæмæдæр — мæ хæзгул. Æмæ иунæг Лексо дары хæзгул? Дæуы йет- тæмæ искæйы лæгимæ ничи хæты? Хæтынц, фæлæ йын уыдон йе ’мбæхсын зонынц. Ды та, Буцинæ, сæгъы фæ- стагау, гом дæ. Дæ хæзгул бон сихорафон дæ зæрдыл æрбалæууыд,—зуыгъ-зуыгъ æмæ дæ тъæпп дуканийы фæцæуы. Адæм куырм, къуырма не сты. Æппæт уы- нынц, æппæт зонынц. Афтæ нæ зæгъдзысты, Буцинæ йæ фыргæвзыккæй йæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæны, уæд афтæ арæх Лексойы дуканийы цы ’ми кæны? Кæнæ æдзух афтид армæй куы бацæуы æмæ афтид армæй куы рацæуы, уæд цы хабар у? Стæй ма уыцы дукани Лек- сойæн Михаимæ æмбисыл у. Уæд æм иу хатт Михайы рæстæджы цæуылнæ цæуы? Æдзух Лексойы рæстæджы цы сагъуыди? Кæсыс, цал фарстæн раттын хъæуы дзуапп. Æмæ дзы иуæн дæр нывыл дзуапп раттын дæ бон нæу. Дæхи дæр бафтыдтай адæмы цæсты æмæ мæн дæр. Ныр та мæ усы койтæм бахæццæ дæ. 1 Хъыг уыдысты Буцинæйæн Лексойы ныхæстæ. «Цъаммар!» — ахъуыды кодта йæхинымæры Буцинæ,— райдианы, цалынмæ йæхион йæхи ’рдыгæй нæ фæцис. 154
уæдмæ, рувасау, йæ къахы æлгътыл сирдта мæ рæзты. Иæ цæстытæ цъалайы атагъайы тайгæ кодтой мæ фенд- мæ бæлгæйæ. — Мæнгард, — стыдтой йæ масты рохтæ Буцинæйæн. — Ды бынтон ницæйаг куы дæ æмæ дæ æз та лæг куы æнхъæлдтон. Бон сихорафон-иу куы сми- дæг дæ мæ хæдзары, уæд цæуылнæ хъуыды кодтай уыцы стыр сæрæй, хъæубæстæ куырм, къуырма кæй на^ уыдысты, ууыл? Уæд цæуылнæ æруагътай æнамонд Бу- цинæйы йæ мæгуырыл?! Цæмæн æй бафтыдтай адæмы цæсты?! Кæнæ цы адæм, адæм кæныс? Бæгуыдæр дыл фæсаууонмæ фæпыррыччытæ кæнынц. Фæлæ уым æз цы аххосджын дæн? — Уæдæ ма дзы чи у аххосджын?! — тызмæг цæстæй йæм бакаст Лексо. — Дæ ивд ус, æндæр чи, кæд мæ æнæдзургæ нал уа- дзыс, уæд! Болататы Цамелæн кургæ йæ кæсдæр чызг Мартайы ракодтай, дæ разæй та дын скодтой хисдæр чызг Макъойы. Дæ æртæ фырт æмæ иунæг чызджы мад Макъойы. Лексо йæ домбай къухтæй ацахста Буцинæйы къу- бал æмæ йыл фæбогъ кодта: — Зæгъ тагъд ныртæккæ, чи дыи .кодта мæ фыдгой?! Чц бæллы мæ сæфтмæ? Буцинæ йæ хуыз аныхъуырдта. Лексойы стыр дзæм- быты ’хсæн йæ лыстæг къубалыл цыма æндон аркъау æрбатыхст æмæ йæ ныртæккæ ныххурх кæндзæн, ахæм тæссаг уавæры йæхи хатыд. Æгасæйдæр рызт йæ буар. Аныхъуырдта йе ’взаг. Иæ дзæгъæл дзыхы кæй ницы урæдта, уый тыххæй дзы хъæубæсты адæм се сæфт уыд- той, аххосджын кæм нæ уыд, уым дæр æм къух бакæ- нæн агуырдтой. Хъæуккаг устытæ йæ семæ никуы уагъ- той сугхæссынмæ, хъæддаг дыргътæ тонынмæ. Æмæ цы нæ зайы уæвгæ та Иры хæхты æмæ кæмтты. Сæнк, цъоза, мыртгæ, кæрдо, фæткъуы, мугæ, æхсæр... Æмæ уыдон та арæх цыдысты сугхæссынмæ. Кæм æнтыст хуымон гал сугласынмæ. Даргъ зымæджы дæргъы хъуц- цытæ, дыгæрдгуытæ, уæнгуытæ æмæ рæуæдты дзыхæй атон холладжы хъаймаг — цъæх хос æмæ йæ дæтт ку- сæг галтæн,- цæмæй уалдзæг хуымгæнæнты ма бастайой Бастад дæ гал, уæд дæ иниæ аз йæхицæн цæдис æмба- лæй ничи уадзы. Йæ худинаг ма та йæ уæлдай. Æмæ-иу Буцинæ^лæр гурæй-гурмæ фæхъуызыд хъæуы устыты фæстæ. Æввахс сæм никуы бауæндыд, кæддæрты йыл 155
дзы хаугæ дæр æркодта. Æмæ та йын цæмæй йæ дзык- куты бындзгуытæ йæ къухы ма ныссадзой, уый тыххæй йæхи- дæрдты ласта. Фæлæ Буцинæйы цæстытæ уыДтой æппæт дæр: цы аразынц хъæуккаг устытæ æмæ чындз- дзон чызджытæ. Бирæ чындзытæн-иу се ’фсинтæ ны- вæрдтой дзаджджын уæливых, цæрвæхсидæн, дзыкка, афтидæй кæм цыдаиккой иннæтæ дæр. Гъемæ-иу искуы’ сатæджы, хæххон суадоны цур, цъæх нæууыл, сæхи æруагътой. Ацæргæдæр сылгоймæгтæй исчи йæ кæлмæр- зæн айтыгътаид стъолæмбæрзæны бæсты, æрæвæрдтой- иу ыл хæринæгтæ, скъобор-иу минас. Уæлдай арфæтæ кодтой мæхи гыццийæн, йæ бæркад армæй йæ чындз Болатоны афтæ рæвдзæй чи рарвыста. Хъæубæсты сыл- гоймæгты хъустыл раджы æрцыд Лексо æмæ Буцинæйы хъуыддаг. Уымæ гæсгæ ныр уæлдай хъæрдæрæй сылгой- мæгтæ арфæ кодтой Болатонæн, сæ зæрдæ та сын кæй балхæдта хæринæгты дзæбæхтæй, уый тыххæй. Уддзæф сылгоймæгты ныхæстæй скъæфта скъуыд зæлтæ Буцй- нæмæ. Уый бамбæрста, барæй та Болатонæй кæй æппæ- лынц. Барæй та Буцинæйы зæрдæ кæй къахынц, цæмæй сæм æз дæр дзырдæппарæн скæнон æмæ та, тæссаг сыр- дыл хъæуы куыйтæ сæхи куыд ныццæвынц, афтæ мыл февварс уой, мæ хъуынхъис та мын ацæгъдой. Аны- хъуырдта йæ масты тулатæ, ницы сæм сдзырдта. Фæлæ йæ устытæ ууыл кæм уагътой. Чидæр сæ зарæг самыдта: Уæй, Буцинæ, Буцинæ, Чи та у дæ дуцинаг?! Рогзонд æмæ рогцинæй Комы дзаг —дæ худинаг. Сылгоймæгтæ айстой зарæг, сфæлхат ын кодтой йæ дыууæ фæстаг рæнхъы. Хæххон æрдзы сатæг хъæбысы нæрыдысты зарæджы зæлланг зæлтæ. Иутæн хастой, (æмæ уыдон уыдысты бирæ) æхсызгон худт, зæрдæйы цин, иннæтæн та: (уый та уыди иунæг Буцинæ) хастой уæззау цæссыгтæ, æгæрон маст. «Худинаггаджы зарæг мыл скодтой. Хъæубæсты мæ нырыонг дæр акъахдзæф кæнын нæ уагътой. Ныр ма ацы зарæг сæ хъустыл æр- цыд, æцæг фидиссаг мæ уæд фæкæндзысты...» — йæ хъуыр æрбахгæдта, уæззау цæссыгтæ «ф’’емæхстырты, рустыл æрлæсæнтæ кодтой. — Цалдæр æртахы дзы сæм- бæлд кæрдæджы лæмæгъ сыфыл æмæ, налхъуыт фæрд- 156
гуытау, сæрттывтой хуры тынтæм. «Фæлæуут, цъам- мæрттæ! Фæкæсут Буцинæмæ дæр, æз уыл уæ лæгты афтæ сардаудзынæн, афтæ, æмæ цæрæнбонтæм Буцинæ- йы ном нал ферох кæндзыстут. Иунæг ме скойæ дæр риздзыстут, гæды бæласау, уæ уæны мигъ баддзæн мæ тасæй»... 0, фæлæ уый аивгъуыдта. Ныртæккæ та йæхæ- дæг ризы Лексойы домбай æрмтты æлхъывдæй. Иæ цæс- тытæ рацæйгæпп кодтой. — Дæ зæрдыл бадар, дæ ацы маргæйдзаг ныхæстæ раст куы нæ разыной, уæд дын æз дæ къубал, цъиуы къубалау, стондзынæн’. Дæ хъæстæ æвзаг дын йæ тæккæ бындзарыл слыг таендзынæн!..— æррайы æртхъирæн- тыл схæцыд Лексо. — Ныртæккæ та фесæф мæ цæсты разæй. Тарст Буцинæ, цавд дурау, хъенæй лæууыд Лексойы раз. йæ мæрдвæлурс рустыл æрлæсæн кодтой йæ мыд- гъуыз цæстыты малтæй дыууæ цыхцырæджы. Фæлæ уæддæр нæ тагъд кодта мæсты Лексойы разæй атын- дзыныл. Нæлгоймæгтимæ та куыд нае фембæлд, фæлæ йæм кастысты сæ монцты цæстæй. Цардмæ иу боны цæстæй кæсынæй зæрдæцъæх уыд Буцинæ. Бирæ хатт-иу ахæм фембæлды фæстæ йæхæдæг йæхицæн алывыдтæ калдта. «Рдст сты хъæубæсты устытæ. Цы у худииаджы зарæг? Фыддæртæ дын хъæуы, ме ’намонд сæр. Дæ иу къахыл дын æрлæууын хъæуы æмæ дæ иннæмæй сфадын хъæ- уы. Æлгъаг æмæ н’ицæйаг дæ. Куыдзæппарæнæй аппа- ринаг»... Бирæ хæттыты бартхъирæн кодта йæхимæ, ахæм царды бæсты фæлтау мæхи æрцауындздзынæн, марг баназдзынæн, зæгъгæ, фæлæ та кæс, æмæ ног фембæлд, ,ног рæдыд. Æппын фæстаг фембæлд Лексо- имæ. Уæд ын ус нæма уыди. Йæ фыны дæр уый æнхъæл нæ уыд æмæ хъал, сæрыстыр Лексо Буцинæимæ фем- бæлд йæ сæрмæ æрхæсдзæнис, зæгъгæ. Дардмæ-иу æй куы ауыдта, уæддæр æм тæхуды кодта: «Тæхуды, æрмæстдæр иунæг хатт дæ комытæф кæй русыл аны- дзæва». Фæлæ Буцинæйы сæпттæ æмæ бæллиццаг фын- тæ æцæгæй æрцыдысты... Иу карз зымæджы тъæнджы, уадтымыгъ бæстæ йæ сæрыл хаста, мит хъæпæнтæ ’вæрдта, донмарæнты цæндтæ кодта, алфæмблай æга- сæйдæр миты рыгæй, æхсыры цадау, зынд. Хъæуы фал- лаг фарс Аляйы къуыбыры ’рдыгæй балбирæгъты зæр- дæхалæн ниуд, хъæубæсты куьтйты знæг рæйд æмæ бæ- 157
лæсты иугæндзон къæс-къæс баиу сты. Хъæубæсты адæ- мæй чидæртæ куырмæджы тæрсыны æхстытæ фæкодтой бирæгъты, фæлæ сæ суцца уазал фæстæмæ хæдзæрттæм батардта. Ацы дудгæ зымæгон бон куыроймæ ацæуыны рад æрхаудта Лексомæ. Ацыд. Ссинаг бавгæдта. Куыро- йы гæркъæраджы схъиудыл цæст нæ хæцыд. Иæ тагъд змæлдæй змæлын кодта куыройы дзыгуыр. Хъози дæн- дæгты стæвдæн нартхоры бур нæмгуытæ кæрæдзийы фæстæ бырæгау кодтой кæхцы бинаг фæйнæгыл æмæ, зивæггæнгæ хаудысты куыройы зилгæ фыды æнæфсис хъæлæсмæ. Уый сæ æхсызгонæй лыстæгмур кодта. Æмæ сæ куыройы фæлгæтæиæй калдта къутумæ лыстæг сса- дæй. Куыройы фыд нырма æрæджы сдухъ кодтой. Лек- со нæ тарст ссинагæн ралæхурынæй, куыройы фыдæн йæ дзыгуыры фæтыхсынæй, фæлæ уæддæр фæлгæтæгмæ йæ армы тъæпæн бадардта. Хатыд ссады æхцондзинад- дæттæг хъарм. Уырзтæй йæ асгæрста, уыд æмбæлон лыстæг. Æддейæ уад футтытæ ласта. Куыройы дуары зыхъ- хъырæй æрбахсидт кодта, æрбакалдта миты фæлдзæгъ- дæнтæ. Лексо скодта арт. Иу-афон фæхатыд, куыройы къæркъæраг зивæггæнгæ кафын кæй райдыдта, фæуæз- зау куыройы фыды зылд дæр. Уымæй размæ йæм дзЫ’ гуырæй чи тахт, уыдон æм цыма ныр æгæр сабыр кæй хауынц, уый адыл сын уайдзæф кодта: «Цы ^фестут? Цы фестут?» уыйау уæззауæй-уæззаудæр зылд. Лексо къæпи айста, кæд, мыййаг, нучы хъæлæсы ихтæ ныц- цæнд сты, зæгъгæ, æмæ куыройы цалхмæ фаг дон нал кæлы. Фæлæ донмарæны дон къæпийæ куы асгæрста, уæд бамбæрста, дон бæзджын касы хуызæнæй тыхæй- ты кæй быры нучы. Ницы йын йæ бонуыд. Нырма бæз- джыи касы хуызæн у, фæлæ фæстæдæр ныссæлдзæн æмæ куыройы цалх ныууромдзæн йæ зилынæй. Бам- бæрздзæн æй ’æнæхъæнæй дæр нхæй. ’Уый фæстæ цу æмæ йæ ды сыгъдæг кæн. Дæхицæн дæр куырой нæ радта минди, де ’мцæдисоны зæрдæхудт дæр райстай, дыккаг бон æм куырой рæвдзæй кæй нæ радтай, уый тыххæй.,' . Аскъуыдта донмарæны дон. Нукыл йæ къæпи æрха- ста.1, Миты лæхъир цæнд ныллæст бынмæ. Æрбаздæхт фæстæмæ куыроймæ. Чысыл раздæр ам æппæт дæр змæ- - лыд. Куыройы къутуйы — нартхоры иæмгуытæ, куыро- йы фыд йæхи алыварс хыррытт зылд кодта. Иæ уæлæ 158
къæр-къæраг кафыд, змæлыд кæхц, змæлыдысты йыл нартхоры гагатæ, бур ссад митуарæгау кодта къутумæ. Ныр се ’ппæт дæр бандзыг сты. Цыма иууылдæр мæр- дон фынæй баисты, афтæ зындысты Лексомæ. Æрмæст- дæр ма тохынайы мынæг зынджы стъæлфæнты змæлыд цард. Лексо сæ базмæста. Куыройы талынг къуымты сау æндæргтæ разындысты фæлурсдæрæй. Цæхæрыл ба- вæрдта, изæры хæдзарæй йемæ цы фадхъæд сугты. лыггæгтæ рахдста, уыдонæй цалдæры. Уайтагъддæр цыренæй ссыгъдысты. Лексо кæд йæ тæккæ абухгæ кары уыд, уæддæр æй гыцци куыроймæ æнæхæцæнгарзæй никуы ауагъта, уæлдайдæр та зымæджы рæстæг. Гыц- ци йæхæдæг, хæххон чызг уæвгæйæ, бирæ хабæрттæ фехъуыста дзæгъæл æдзæрæг ’хæдзæртты, мусуæтты, ■) мæсгуыты хæйрæджытæ кæй æрцæрынц æмæ адæйма- гæн фыдбылыз ракæнынмæ æмхиц кæй сты, ахæм ха- бæрттæ. Фехъуыста, ахæм зинтæ æппæтæй тынгдæр кæй тæрсынц арт æмæ хъамайæ. Уымæ гæсгæ, изæрæй Лексо, куыроймæ куы цыд, уæд ын йемæ нывæрдта æх- сæвæрæн иу уæливых. Лексо райста йæ фыд Цуцайы кæрц æмæ афтæмæй цæуынмæ хъавыд,- фæлæ йын гыцци сугты чысыл æргъом æмæ хъамамæ ацамыдта. Лексо- йы сæ хæссын кæй нæ фæндыд, уый æнкъардта мады зæрдæ æмæ йæ фыртмæ рæвдаугæ сдзырдта: — Хъæбул, сæ ахæссыны сæр д’æу ницæмæн хъæуы. Бинонтæ нырма ныр бахсæвæр кодтам. Фæлæ дæм уæд- та тыхст бæлццон æнафоны фæзынд, уæд ахæмæн ба- лæггад кæнын удыбæстæ у. Куыройы тохынайы раз иу сыкъа арахъ банызта, къæбæр бахордта æмæ дын йæ амæлæты бонмæ дæр дæ хорздзинад нæ ферох кæн- дзæн... ’ — Омæ мæ хæсты быдырмæ æрвитыс, хъамайæ та цы кæнын? — йæ ныхас баппæрста Лексо. — Ирон лæгыл фидауы хъама, дæ карæнæй уæлдай- дæр. Хъама нæ хæссыс, уæд та дæ фыды болат кард ахæсс! — упсæн нæ кодта Къудухон. — Гыцци, иууыл нæ бинонтæн тæрсгæ кæныс. Цы- ма, æцæгæйдæр, æппæт хæйрæджытæ æмæ дæлимонтæ махмæ гæппæв’вонгæй фæлæууынц.;Æмæ ма’а-иянæтæи тæрс, фæлæ æз дойнаг дур куы æрысдзынæн мæ армы- тъæпæнты, уæд мæнæн та цæмæй тæрсыс? — Фидары мад нæ куымдта, ахæм мын кæй дæ, тæрс- гæ дæр дын уымæн кæнын. Хæрам тыхтæ æдыхтæ æмæ 159
æрдæгмæрдты сæ сæрмæ дæр нæ хæссынц. Цæсты чи ахады, ахæмтæм вæййы сæ хъавд... Хæхтæ, къæдзæхтæн рафæлдæхын æнхъæл уыдтæн, фæлæ Максимæн никæд, æмæ мæ бон сихорафон арв ныццавта, баталынг мыл бæстæ... Лексо йæ хæссинæгтæ систа. Хъамайы бæсты къу- лæй райста Максимы æхсаргард. Бафтыд æм иу уырыс- саг уптер-афицер Иван Иванович Ивановæй. Максиммæ райдианы ахæм фæдфæдыл Ивантæ худæг фæкастысты. Цыма нæмтты азар æрцыд. Фæлæ фæстæдæр куы балы- мæнтæ сты, уæд ын унтер-афицер радзырдта канд уый æмæ йæ фыд кæй нæ хуыйнынц Ивантæ, фæлæ сæ фы- ды фыды фыд дæр. Æмæ стыр Уырыссаг адæмты ’хсæн Ивановтæн кæй ис сæхи династи. Сæ династийы сæйраг гакк та рахуыдта хæстон службæ. Уый, дам, стыр фы- дæлтæй фæстæмæ нæ туджы ис. Æмæ дæу дæр мæхи- мæ æз барæй ракодтон. Æз зонын, ды ирон кæй дæ. Æмæ ирæттæ чи сты, уый зоныс? Стыр аланты байзæт- таг. Фæстаг хатт ма хъомысджын паддзахад уыдыстут нæ эрæйы агъоммæ æртыккаг-дыккаг æнусты. Сау ден- джызы был. Хæстон адæм уыдыстут, ме стыр, фыдæл- тау. Ацы æгъуыстаджы æхсаргард ме стыр фыдæлмæ уырдыгæй бафтыд. Дамаскы базары, дам, æй иу алай- наг куырдæй балхæдта. Кæс-ма йæм, къæлæт къæдз æй æркодта, стæй йын йæ фындз феуæгъд кодта, фæцыд йе ’хсидт зæлланг. Иæ цъæх буарыл хуры тынтæ, арвы ронау, тыбар-тыбур кодтой. Цал æнусты сæрты рачхызт, фæлæ цæмæй конД у,—уыцы сусæгдзинад ничи зоны. Нæ йæ базыдтой ме стыр фыдæлтæ дæр, кæд тынг зæр- диагæй бæллыдысты уыцы сусæгдзинад базонынмæ, уæддæр. Нæ дæ уырнынц мæ ныхæстæ, — слас де ’хсар- гард. — Максим йе ’хсаргард сласта, Иванов ын загъ- та, зæгъгæ, йæ цæвгæ не ’ркæндзынæн, уæд дын æй йæ астæуыл ахауын кæндзæн. Фæлæ йыл æрмæстдæр йæ цыргъ ком æруадздзынæн. Æмæ Иваны æхсаргард Максимы уоныл ныууагъта арф фæд. «Гъе, кæсыс, ахæм у де стыр фыдæлы кæлæнгæнæг æхсаргард. Дæуыл мæ цæст æрхастон, мæ хъус дæм дардтон æмæ æцæг хæстон лæг дæ. Хъæбатыр, фæлæ кæйдæртау æз, æз нæ кæныс. Зын сахат нæ зоныс тас. Æмбалы разæй дæ уд мæлæтмæ ратдзынæ. Ды канд салдæттæн нæ дæ ныфс, фæлæ афи- цертæн дæр. Æцæг алайнаджы <байзæддаг. Æмæ нæ иугæр хъысмæт хæсты быдыры фембæлын кодта, уæд 160
дæхæдæг зоныс хæстон лæджы цард. Абон ис, райсом нал ис. Чи зоны, ахæм уа мæ хъысмæт дæр, мæ зынг- хуыст фен, кæд мæлæтæй тæрсын. Тæрсын де стыр фы- дæлты хæзна, ме ’стыр фыдæлтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ табу кæмæн кодтой, уый сыл куы нал сæмбæла. Гъе, уымæ гæсгæ дæ курæгдæн, æз куы,нал уон, уæд æй ды, цалынмæ удæгас уай, уæдмæ хъахъхъæн, цæсты гагуы- йау. Мæнæ дын мæ хъæуы адрес. Фехъусын кæндзынæ Ивановтæм, хабар æмæ кæм дæ, уый, стæй дæ сæхæдæг æрцагурдзысты. Иван, мæгуыр, цыма рагацау йæ мæ- лæт зыдта, æцæгæй йыл æрцыд ахæм хабар. Иу карз хæсты. йыл сармадзаны нæмыджы схъис сæмбæлд.т Максим ма йæ бæргæ ацахста, фæлæ — ницыуал. Мак- симы къухты йæ уд систа. Максим æй хъавгæ æрæвæрд- та уымæл зæххыл. Систа йын йе ’хсаргард. Абырстой атакæйы. Уæззау уыд æрмхæст, фæлæ уырыссаг дже- богъы ныхмæ цы тых фæлæудзæн. Максим уыцы карз тохы хæцыд дыууæйы • бæсты, йæхи тыххæй дæр æмæ Иван Ивановы тыххæй дæр. Атакæйы фæстæ кад æмæ радæй баныгæдтой Иван Иваны фырт Ивановы. Й& ингæны фарсмæ цытджын хъарагъулы лæууыд Максим, Иваны æлвæст æхсаргардимæ. Ирон хъæбатыр хæстон Плиты Максимæн фæуæлдæр кодтой йæ хæстон чин, хорзæхджын æрцыд Георгийы дзуарæй. Фæстæдæр зы- мæгон галуанмæ чи бырста, уыдонæй иу уыдис Плиты Цуцайы фырт Максим дæр. Уæззау цæф фæцис, фæлæ уæддæр йе ’хсаргардне суагъта. Дарддæр хæстон госпиталь. Иæ рæуджыты ахызт нæмыг, Уæрæсе’Ды карз зымæджы уазал ын сæ фæсахъат кодта. Дохтыртææнхъæл уыдысты, уæззау фæ^æрæнты фæстæ рахилдзæн, зæгъгæ, фæлæ къæдзæхыйас лæг бонæй-бонмæ тади.^Максим зыдта: йæ уд ма хæцы æр- дуйыл. Нæ йæ фæндыд æцæгæлон зæххыл амæлын. Нал ныллæууыд, йæхи рафыссын кодта. Уæвгæ, йæ цардыл бынтондæр йæ къух нæ систа. Ныфс æй уыд, нæхимæ хæхбæсты сыгъдæг уæлдæф, йæ уарзон гыццийы удуæл- дай рæвдыд ын æвдадзы хосау кæй фæуыдзысты. Фæ- лæ дзы æнæмæлгæ нæй, уæд та цæмæн хъуамæ фесæ- фа йæчмард æцæгæлон зæххыл. «Уадз мæ мард ныгæд æрцæуæд райгуырæн "уæзæгыл. Нæхимæ мæрдты æп- пæт æгъдæуттæй дæр хайджын уыдзынæн. Ам та ацы змæст рæстæджы алкæмæн йæхи цард æрдуйыл куы хæ- цы, уæд ма йæ искæй мардмæ æвдæлдзæн». 11. Хацырты С. 161
Уый Мæскуыйæ Захъормæ цы уæззау даргъ фæнда- лыл фæцыдис, ууылты æнæниз адæймаг дæр зынæй фæцыдаид. Фæлæ йыл, гæдыйау, авд уды æрзад, мæлæ- тæн аскъуыйын нæ бакуымдтой. Цал хатты æрлæууыд мæлæт йæ къæдз цæвæгимæ йæ уæлхъус. Иæ уд ма-иу æрдуйыл хæцыд. Ахæм тыхст сахат-иу йæ фæстаг тых- тæ æрæмбырд кодта, сласта-иу Иван Ивановы дзæн- гæлтæгæнæг æхсаргард, йе стыр дард фыдæл алан йæ кæлæнгæнæг куырдадзы кæй рацагъта æмæ бахсыста. Максимы уырзтæ хатыдысты æхсаргарды уазал комæй æхцондзинад. Цыма-иу æм сдзырдта иыфсдæттæг алай- наджы хъæлæсæй: «Максим, æз æмæ дæуæн мæлæн нæй. Кæсыс, цал æнусы сæрты рахызтæн, цал æнусы батыд- ’той? Цал æмæ цал хатты мыл фæлвæрдтой се ’хсар- гæрдтæ тæтæр, монгол, гуннтæ. Фæлæ алайнаджы æх- саргард уыдонæй разынд фидардæр, цæрдхъомдæр. Нæ> ды хъуамæ мæн фæхæццæ кæнай дæ райгуырæн уæзæг- мæ. Уадз æмæ феной алайнæгты ёайзæддаг се стыр фы- дæлты хæзна. Æмæ уый хъуамæ саразай ды, иунæг дæ бон у мæн фæхæццæ кæнын дæ райгуырæн уæзæгмæ. Мæ комыл хуры тынтæ схъазыдысты, хæсты быдыры мæ ды кæрддзæмæй куы фæцъорт ластай, уæд. Дæ цон- джы иу æрриуыгъдæй куыд пыхситт кодтон, уый фе- хъуыстай дæхæдæг. Хуртæ мыл ракаст. Æз банкъард-' тон, æцæг алайнаджы (къухы кæй дæн, уый»... Максим бахудæнбыл ис. Чысыл раздæр йæ кæддæры домбай уæнгтæ бынтон лæмæгъæй æркалдысты. Æнхъæл уыд: фæстаг уысм æмæ фæцис йæ цард. Ныр та йын кæлæн- гæнæ^ æхсаргарды уаз ныхæстæ раздæхтой-йæ цард фæстæмæ. Уæнгтæ сæхиуыл схæцыдысты, кæдæй-уæдæй ма риуыдзаг сулæфыд. Æмæ цал æмæ цал хатты лæууыд ныфсдæттæг æх- саргард тыхст сахат Максимы уæлхъус. Максим æрдæгмардæй йе стыр фыдæлты уæзæгмæ æрхаста алайнаг æхсаргард. Талынг къуыммæ хуры тын куы бакæса æмæ йæ барухс кæна, афтæ уыд бинон- тæн йæ фæзынд. Фæлæ сын цин цас æрхаста, тас дæр сыл уыйбæрц æфтыдта йæ мæрдон хуызæй. Кæм ма уыд хъæубæсты фæсивæды кæддæры фидыц, уд æмæ ’дзæцц, саджы фисыныламад, бæрзонд, цæхæрцæст, хисдæрты ркз хиуылхæцгæ, нымд Максим. Уый бæсты сæ разы хъен дурау, лæууыд йæ царм йе стджытыл кæмæн ба- ныхæст, хуры тынтæ нннæрдæм кæй хызтысты, ахæм 162
стæгдар. Удæгас ма кæй у, уымæн æвдисæн уыдысты йæ цæстытæ. Æцæг, уыдон дæр сæ къуырфыты аны- гъуылдысты, фæлæ сæ æрттывта дыууæ чысыл цыра- гъы. Бинонтæ йын фыццаг бонты сæхи тæригъæдгæнæг скодтой. Фæлæ ахæм хабарæй Максимæн састой йæ’ фæстаг тыхы мур. Иæ зæрдæмæ-иу тынгдæр ныхъхъуы- ста. Мæхи гыцци, цырагъау, тад æмæ руад йæ уарзон хъæбулы мæтæй. Ноджы фыдбылызы зымæджы тъæн- джы бинонтыл цавæрдæр хъихъгæнаг хуыфæг бахæцыд æмæ канд бннонтыл нæ, æнæхъæн хъæубæстыл. Бахæ- цыд Максимыл дæр. Иууылдæр къуыххыгæпæг систы. Кæм уыд уæды рæстæджы хæххон хъæуты лечыр. Сæ хосгæнджытæ — дæснытæ, моллотæ, сауджынтæ. Максимæн-иу фырхуыфтæй йæ хъæлæсæй йæ туг скалд, йæ цæстытæ цæссыг æмæ туджы ’вдылдысты. Ул’æфын-иу нал фæрæзта, хуыдуг кодта. Иуахæмы та Болатон нал бафæрæзта Максимы зындзинадмæ кæсын æмæ йæ рустæмхфæлæбурдта, фæцъæхахст кодта: —'Цы фæдæ,*не ’фсин, нæ бындур ныззылд. Гыцци йæ хъæбулы сæрыл схæцыд, рæвдаугæ, æмæ йæ йæ уæрджытыл æрæвæрдта. Болатонмæ бакаст тыз- мæг цæстытæй, дæрзæг æм ницы сдзырдта, фæлæ йын йё ’нгасæй бамбарын кодта, тыхст рынчыны’цур исчи йæхй афтæ æнæрхъуыдыйæ æвдисы, зæгъгæ. Æрæджиау æм сабыргай сдзырдта: — Хъарм æхсырыл иу-дыууæ уидыджы нæлхæ акæн æмæ йæ рахæсс. — Гыцци-иу рабадын кодта Максимы æмæ йын-иу хъарм æхсыр нæлхæимæ бадардта. Макси- мы æфхæрд буар фæлтæрæнтæ кодта. Хатт-иу ын, цыма, фенцондæр. Мемæ-иу хъазæн ныхæстыл схæцыд. Иубон нæм фæзынд иу мæллæг, чысыл зæронд ус. Сæрæй-къæхтæм сау дарæсы. Иæ сæрбæттæн ныхы йæ аууон бакодта æгасæйдæр. Иæ былтæ дæр уыдысты кæл- мæрзæнæй- баст. Æхсырфау, æркъæдз. Сау хызын йæ галиу дæларм, рахис къухы — зыкъуыритæ къæдз лæ- дзæг. Æвæццæгæн, хъусæй рæвдз нал уыд, куы-иу ны- хас кодта, уæд-иу, йæ ’ сæр фæзулгæнгæйæ, гыццимæ скаст. —: Фæдисы цыдау дæм æрбакодтон, дæ рынтæ бахæ- рон, Къудухон, — дзуры гыццийæн. — Фехъуыстон дæ тыхстдзинад æмæ кæд ахæм хъыз’ты йæ гæдыйы лæппы- ны дæр æддæмæ ничи аппардзæн, уæддæр дæм æз фæ- зындтæн. Алæ-ма, кæм нс ’дæ рынчын, — Максимы цур 163
æрбадгæйæ, рынчыны къух райста. — Гъе, дæ сæрыл мæ æрхæссай, уый дæ сæрыл куырой куы зилы, уынгæ- джы куы у дæ уд. — Сау хызын йæ разы æрæвæрдта чысыл хъæдын къусимæ. Нартхоры цалдæр нæмыджы дзы ныппæрста, цыдæр æвзалыгъуыз ссад сыл æры- зæрста. — Гъæй-гъæй-гъæй, — йæ чысыл " сæр уæззау банкъусæгау кодта. Æвиппайды лæдзæджы сæртæг тыл- дæй иуварс бартхъирæн кодта: — Цитт, фитт, судза, дуда, челы-челха, тары-марьг, фыдбылызæй бахиз, Цина, ахæдзары!—дарддæр сусу- бусуйыл схæцыд, йæ цæнгтæ байтындзгæйæ. Æрæджиау йæ зонгуытыл æрхауд, йæ лæзæрд сау сæрбæттæн фел- вæста, йæ урс дадалитæ’бырæузылдæй, чурчхелатау зæ- бул-зæбул кодтой, йæ сæры тылдæй æмæ йе стæгдар цæнгтæ хæрдмæ ивазгæйæ, йæ къухы æнгуылдзтæ ныт- тынг кодта, афтæмæй стыр хуыцауæй цыдæр куырдта. Максим иудзæвгар фæкаст дæсныйы сæнтдзæф митæм, стæй йæ хуыссæны иннæрдæм азылд, йæ чъылдым æм сыздæхта. Дæсны хуыцаумæ кувыны фæстæ фæсур. Уыцы рæстæгмæ йын гыцци ерджен зæххыл айтыдта. Дæсны йыл уæлгоммæ ахауд, фæкададжи. Къахæй сæр- мæ йе ’ппæт буар зæххыл хойæгау кодта. Гыцци йыл йæ тыхджын цæнгтæй ныххæцыд, нылхъывта йæ ерджен- мæ, фæлæ уый уæддæр йæ гæндзæхтæ цагъта. Уыцы гыццыл дæсныйы бауромынæн ницы фæрæзта. Р1æ къух- тæ йын-иу куы ’рцахста, уæд-иу къæхтæй хоста йæхи, йæ къæхтæ-иу ын куы ’рцахста, уæд та цæнгтæй лæбурд- та йæхимæ. Иугæндзонæй фæлхат кодта йæ «тары-ма- ры»-тæ, сидт Цинамæ. «Кæм дæ, Цина, фæзын тагъд- дæр,мæнæ мыл фыдахин дæлимонтæ æрæмбырд сты, сæ фыдæхы цæхæры судзын, ацы хæдзар фыдбылызæй фервæзын кæнон, уый мæ нæ уадзынц. Цина! Цина! Гъæ-гъæ, хамасхортæ! Фæлæуут ныр. Цæв сæ, цæв сæ, Цина, цæнгсæстытæ, зæнгсæстытæ сæ фæкæн. Мæ уд дæ домбай цæнгты фæхъхъау фæуæд, цы сын хъуыди, уый сын чи бакодта. Гъæ-и-и-и, — дæргъвæтин цины зæлимæ ’ æхсызгонæй сулæфыд. Рабадт. Йæ кæлмæрзæ- нæй йæ цæсгомы сур хид асæрфта, ныккодта йæ йæ сæ- рыл. Сыстад. Максимы ’рдæм бакаст, сабыргай афарс- та мæхи гыццийы, куыд у, зæгъгæ. Уый йын мынæг хъæ- лæсы уагæй бамбарын кодта: «чысыл раздæр æрфы- нæй...» Уæдæ йæ бауадз, ныр æнцондæрæй фынæй кæн- дзæн». Дæсны дзырд «æнцондæрæй» ахæм хъæлæсы уа- 164-
гæй загъта, цыма гыццийæн æмбарын кодта, ома, уæдæй" нырмæ дзæгъæлы кададжи кодтон? — Текъле, дæ низтæ, мæ хъæбулы тыххæй зæрдиа- гæй кæй бахъиамæт кодтай, уый дын дзæгъæлы нæ фæ- уыдзæн. Фæлæ уал ныр та фынгмæ æввахсдæр рацу, —- гыцци Текълейы цонгыл хæцыд, бакодта йæ фынгмак- — Гъе, дæ хъæбулты цардæй бафсæдай, Къудухон, æмæ уæ фынгæн фидийæн ма уæд, — фынджы бæркадæй йæ зæрдæ барухс Текълейæн æмæ зæрдиаг арфæтыл схæцыд. Иу-дыууæ сыкъайы куы анызта, уæд бавнæлд- та хæрынмæ. Болатоны, хъихъкъуыххы райхъуыст хатæны иу къуымæй. Цыма кæрæдзи мæстæй мардтой, уыйау къуыххы-къуыххы райдыдтой иннæ бинонтæ дæр. — Дæ-дæ-дæй, хъихъ-къуыххы куы кæнут иууылдæрг., Болатои, дæ рын бахæрон, марадз ма’ иу къæцæл æмæ- гæппæлтæ радав, — къуыммæ бадзырдта Болатонмæ Текъле. Чысыл фæстæдæр Болатон Текълейы .хъæбысы æр~ калдта урс æмæ алыгъуызон хъулон гæппæлтæ, радта йæм иу даргъ къæцæл дæр. Текъле къæцæл фæсаста даргъ æмæ цыбыр хæйттыл. Даргъыл цыбыр дзуар- æвæрд акодта, фæхæцын сæ кодта босæй кæрæдзийыл. Стæй сыл райдыдта гæппæлтæ тухын. Дзуарæвæрд къæ- цæлы уæллаг цъуппыл къокъоса тыхт акодта гæппæлтæ.. Цæхгæрмæ йыл æрбабаста сырх лентæ, уый фæстæ йыл- æркодта урс кæлмæрзæн, иннæ гæппæлтæй ахуыдта хъу- лоп къаба æмæ йæ скодта къæцæлын чындзыл. Æрзылд- та йæ иуæрдæм, иинæрдæм. Æвæццæгæп, йæ куыст йæ- зæрдæмæ фæцыд. Стæй йæ радта. мæнмæ æмæ мыи" загъта: æрзилын æй кæн бинонтыл иууылдæр æмæ йыя алчи дæр ’бату кæнæм: «Ту-ту, мæ хуыфджытæ дæу», дзургæ. Къæцæлын чындз уайтагъд бинонтыл æрзильш кодтон æмæ йæ фæстæмæ Текълемæ æрбахастон. Уый- фæдзырдта Лексойы фырттæй кæсдæрмæ. Мах æй æрра- Грис хуыдтам, æгæр фыдахин, мæстыгæр кæй уыд, уый’ тыххæй. Уæвгæ та йæ хистæр æфсымæртæ Шаликъо- æмæ Зенойæ зæрдæхæлардæр уыдис. Фæлæ сабийы бон- ты иу-чысыл къæзæнæг рахаста, бинонтæ йын йæ ны- хæстыл зынæй хæст кодтой, пæртт-пæртт-иу кодта æмæ* йæ фæсаууонмæ иууылдæр пæрттой хуыдтой. Уæвгæ йæм бинонтæй дæр æмæ сыхæгтæй дæр исчи фæмæсты, уæд- иу сæ сæйрагдæр фидис уыдис «пæрттой». Ахæм æф- 165
хæрд никæмæн барста Грис æмæ-иу йæхицæй тыхджын- дæртæм дæр бавиæлдта армæй. Æрмæст-иу фылдæр хатт нады йæхæдæг фæцис канд йæхицæй стырдæртæй нæ, фæлæ йæхи карæнтæй дæр. Уымæй нады бахаудта; уæд^сахатгæйттæ йæ богъ-богъæй не ’нцад. Хъæубæсты- лу йæхимæ æрыхъусын кодта. Ахæм рæстæг никуы ни- кæмæ байхъуыста. Иæ мад Макъо йык-иу исты адджи- нæгтæй йæ зæрдæ балхæнынмæ куы хъавыдис, уæд-иу æй айста æмæ-иу æй фаджысы рагъмæ иыддыввытт лсодта. Ахæм рæстæджы-иу æй фыдусы æлгъыст ракодта змад дæр: «Дæ бур рондз фæкал æмæ къах дæ роны, бæгъ-бæгъ кæн уæдæ!» Мад-иу иуварс ацыди Грисы цу- рæй. Æрмæст-иу гыццийы хъæлæс куы фехъуыста: «Ла^ппу, ардæм-ма рацу», уæд-пу фестъæлфыдис. Нæ цæуын, зæгъгæ, никуы бауæндыд зæгъын. Гыццийы ны- хасы сæрты канд Грис нæ, фæлæ стыртæй дæр ахизыи ничи уæндыд. Уь/й зыдта Грис дæр æмæ йæм пыр гыцци куы фæдзырдта, уæд æм æвæндонæй сабыргай бацыд, йæ разы æрлæууыд къулбæрзæйæ. Гыцци йын йæ сæры хъуынтæ алæгъзытæ кодта æма* йæм рæвдаугæ сдзырдта: — Цал хатты дын загътон, хыл ма кæн, фыдахин ма у, ды нæ коммæ кæсыс æмæ та нады дæхæдæг баха- уыс. Уымæй хыл кæныс канд æддагæттимæ нæ, фæлæ дæхн æфсымæртпмæ дæр. Ннкæимæ фидауыс, никæй уарзыс. Дæ мад дын чурчхела лæвæрдта, ды та йæ фа- джысмæ ныддыввытт ластай. Æгæр мæгуыр, дæ мады дæр нæ уарзыс, йæ зæрдæ йын скъахтай. — Æз дæу бирæ уарзын, — гыццийы хъæбысы йæ сæр фæцавта Грпс æмæ та фуртт-фуртт кæнын райдыд- та. Æгæр æм бахъардтой Гыццийы ныхæстæ. Гыцци йæ рахис къухы армытъæпæн рæвдаугæ, æрхаста Грисы мыдгъуыз къæбæлдзыг сæрыхъуынтыл. — Басабыр у, мæ дзæбæх лæппу. Гыцци кæуагты нæ уарзы, нæ дæр, коммæ чи нæ фæкæсы, уыдон. — Гыцци ма йын йæ хъу- сы басыбар-сыбур кодта: — Ды бæгъ-бæгъ куы фæкæ- ныс, уæд Максим тынгдæр фæтыхсьь Æмæ уымæн та тыхсæн нæй. Рынчын у. Ды кæд гыццийы уарзыс, уæд ын йæ рынчын лæппуйы ма тыхсын кæн. Бамбæрстай? ’ ’ Грис, цыма, нырма ныр бамбæрста йæ аххос, уыйау къæмдзæстыгæй бакаст Максимы ’рдæм, фæлæ уæддæр цъæррæмыхстытæй йæ ныхас загъта: — Иууылдæр мæ нæмгæ кæнынц æмæ афтæ æнхъæ- ^66
лут, иууыл мыл тых кæнынц, (Максим йæ мидбыл баху- дæгау кодта), фæлæ мыл февварс вæййынц. Æрдæбон Сардойы æрбырстон æмæ йæ уæлейæ дæлæмæ хойын райдыдтон. Стæй мæ сæхи Цыцыл Сардойы рагъæй раппæрста æмæ уый куы фæгæпп кодта, уæд ме ’ккой абадт æмæ мын тымбыл къухæй мæ фындз ныкъкъупп кодта. Уайтагъд йæ туг æркалд. Шаликъо æмæ Цъицъа уым уыдысты, фæлæ сæ бынатæй читт дæр нæ фæкод- той. Уый нæ, фæлæ ма мын Шаликъо афтæ дæр бакод- та, хылгæнаг уæныгæн, дам, йæ сыкъа сæттаг у. Æмæ уыдон сты ме ’фсымæртæ æмæ цу æмæ уыдоны коммæ кæс. Куы сы^тых кæнин, уæд сæ дыууæйæ дæр райсин мæ мæстытæ. — Кæсыс, Грис, гыцци дын раст дзырдта, фыдахин дæ, фæлæ ам иунæг ды нæ дæ аххосджын,- фæлæ дæ зондджын фыд Лексо дæр. Уый дæ бацардауы дæ хис* дæр æфсымæртыл.„Æмæ уæ кæрæдзи куы райдайут гуыппытæ кæнын, уæд ыл хуртæ ракæсы. Уыдон, дам, Лексойы фырттæ сты. Тагъд сæ хъæубæсты адæм æм- ризæджы риздзысты. Нæ бæззы ахæм зонд, хъæбул. Ды Лексомæ ма хъус, фæлæ гыццимæ. Хъæубæсты куыйтæ цыф’æнды хыл кæной, уæддæр сæм бирæгъ æрбалæбурд- та, — сæ хыл фæуадзынц æмæ бирæгъыл сæхи ныццæ- вынц. Афтæ у сымах хабар дæр. Цыфæнды тыхджын куы уат, уæддæр хъæубæсты ныхмæ.зын тохгæнæн у. Иугæйттæй сыл, чизоны фæтых уат, фæлæ уыл куы фев- варс уой, — уынгæджы фæуыдзысты уæ сæртæ. Мысты хуынкъ туманæй агурдзыстут. Хъæубæсты тых ис иумæ- йæг хъуыддаджы. Цæуылнæ æрбалæбурынц сыхаг хъæ- уæй Музиаты Дауыты авд фырты. Плиты Андойы иунæг фырт Дзандарæй сæ маст цæуылнæ райсынц? Сæ кæс- тæры сын айфыццаг тугомынтæ куы фæкодта. Нæ иыл фæтых уыдзысты Дауыты авд фырты? Балбирæгътæ гуымыдза сæгъ куыд аскъуыдтæ кæной, ахæм ми акæн- дзысты. Дзапдарæн, цыфæнды хъаруджын куы уа, уæд- ’ дæр. Фæлæ хъæубæстæй сæ ныфс нæ хæссынц. Уæвгæ, æрбалæбурдтой Дзаидаргиæ, — хъæубæстæ йæ фарс фæ- уыдзысты æмæ авд æфсымæры дæр сæгъы сыкъайы нытътъысдзысты. Æмæ, • æниу, æндæр хъæуккаг лæп- путæ æрбабырстой æмæ цалдæрæй Сардойы нæмынц, уæд цы ми кæниккой, дæумæ гæсгæ Цыцыл, Шаликъо, Цъицъа, Мелыко? Æмæ, æниу, дæхæдæг та цы ми кæ- нис? Иу ран лæууис æмæ æнцад-æнцойæ кæсис, æндæр 167
хъæуккæгтæ дын де ’рвады куыд нæмынц, уымæ? Куын- нæстæй, кæд æм цыфæнды мæсты дæ ныртæккæ, уæд- дæр дæ сæрмæ не ’рхæссис, æмæ дын æцæгæлæттæ де "’фсымæрты нæмой. Ды дæр æмæ Шаликъоитæ, Цыцы- литæрахæциккат Дзандары фарс. Афтæуыд рагæй фæс- тæмæ нывыл хъæубæсты фæткæвæрд. Афтæ хъуамæ уа мах рæстæджы дæр æмæ мах фæстæ дæр. Æндæра, чи кæуыл тых кæна, уый куы ’ргæвда, уæд нæ бирæгътæ бахæрдзысты æмæ нæ хъæубæстæ æдзæрæг фæуыдзы- сты. Чысыл фæстæдæр Цыцылитæ æмæ Шаликъоиты фы- дæнæн, Грис æмæ Сардо хъазыдысты иумæ æмæ йын Грис зæрдæлхæнынæн радта йе ’нгузы æмбис. Уыцы зонд дæр ын гыцци .бацамыдта, йæ дзыпп *ын æнгузтæй куы байдзаг кодта, уæд, цу æмæ Сардоимæ бафидау, зæгъгæ. Æмæ та ногæй Грисæн зондамонæн ныхæстæ... Ныр * аем мæнæ ацы хъызт зымæгон бон дæсны Текъле куы фæдзырдта йæхимæ, уæд ыи бамбарын кодта, зæгъгæ, уæ хуыфджытæ иууылдæр сты мæнæ ацы быдыргъы хуылфы. Цу, хæсгæ йæ, уæлæ йæ ставд уагълыйы къа- лиуыл ацауындз. Сындзытæ дæ ма фæныхсæнт. Грисы ^хæм хъызты нæ фæндыд æддæмæ иу къахдзæф акæ- нын дæр. Фæлæ йын гыцци йæ сæрыл Цуцайы хъуын- • джын худ куы ’ркодта, йæ уæхсчытыл ын куы баппæрс-'' та йæ кæрц дæр, уæд ма йын цы æнæцæугæ уыд. Райста ’дæсныйы къухæй быдыргъы æндах, зæбул-зæбулгæнгæ, æмæ йæ, æлгъгæнгæ, ахаста æддæмæ. Зилгæ тымыгъ ын йæ цæстытæ ахгæдта митрыгæй. Хорз уыд, æмæ йæ сæрыл уыд фысдзарм худ, йæ худы кæрæтты цы къæбæлдзыг къуым- билы даргъ хæлттæ æрзæбул сты, уыдоп урæдтой тымыгъ. Иæ къухы æыдахыл зæбул-зæбулæй быдыргъ, цъилау, зылд. Грис æй бахаста æввахсдæр уагъылыйы къутæрмæ æмæ йæ ууыл бабаста æндахæй. Дардæй ма йæм иу каст ' бакодта. Ныр та уагълыйы къутæрыл зылд цъилау. «Ахсæв-бонмæ ацы хъызты афтæ куы фæзила, уæд уы- . ды хуыфæгæн йæ хæйрæджы ном зæгъын кæндзæн», — ахъуыды кодта Грис æмæ фыдбылызы раиæй йæх рай- сга, уæд та хуыфæг æвиппайды суазал æмæ мæ кæрцы фæмидæг, зæгъгæ. » Дæсны Текъле гыццимæ ныууагъта арфæтæгонд хос. Бафæдзæхста йæ, цæмæй дзы рынчынæн бон æртæ хат- ты дардтаид æнгуырстуаныдзæгтæ. Гыццийæн стыр 168
ныфс уыд уыцы хос. Фæлæ йыл Максим не 'уУæндыд. Гыццийы хатырæй йæ нозта æрмæстдæр. Иухатт мын сусæгæй афтæ дæр загъта: дæснытæ, моллотæ, сауджын- тæ цæстфæлдахæг, сайæгойтæ сты. Æндæра Текълейы ацыды фæстæ уыцы хъихъгæнаг хуыфæг цæмæн бахæ- цыд мæ фыд Цуца æмæ ме ’фсымæр Лексойыл. Æмæ ныр нæ бинонтæ иууылдæр хъихъгæнæг систы. Кæнæ ай цæй хос у? Хуымæтæджы дон, æрвылбон кæй нуазæм, уыцы суадоны дон, æрмæст ма йыл цæстфæлдахынæн æрызæрста æвзалыйы ссадгонд, цæмæй нæ йæ митæ тынгдæр уырной. Фæлæ ды гыццийæн мацы зæгъ. Уый дзы йæхицæн стыр ныфсытæ æвæры æмæ куы фехъуса мæ ныхæстæ, уæд йæ зæрдæ тынг фæрисдзæн. Тæригъæд у гыцци. Æнæуый дæр мæ уæлхъус уæлхъæдæй хус кæ- ны. Фæлæ æз æмæ ды лæгтæ стæм. Хъуамæ зонæм цар- ды рæстдзинад. Мæнæн бирæ цæрæнбонтæ нал ис. Æз ныр тагъд амæлдзынæн. Уалдзæджы а^рбалæуд æмæ мæ мæлæт сиу уыдзысты. Уалдзæг адæмæн æрбахæссы цар- ды цин, фемæхсдзысты уæлхæдзæрттæй цыхцырджытæ, хъугæмттæ адардзысты саухъулон, хуымонтæ æрхæц- дзысты сæ гутæтты къухтыл æмæ зæрдæрухсæй хуым кæндзысты, сæ фæдыл- та, тæрæзтыл барæгау, куы йæ къæдзил уæлæмæ исдзæн, йæ гуыр бынмæ, куы та гуыр уæлæмæ, къæдзнл бынмæ, афтæмæй гутонвæдыл гу- рæй-гурмæ;-, пæррæстытæ „хæнгæ,. тæхдзæн дзывылдар æмæ уидздзæн уаллæттæ. Æппæт дæр цин кæндзысты уалдзæджы æрбалæудыл. Æрмæст стыр маст æрхæс- дзæн нæхи гыццийæн. Уымæп нал уыдзæн, йæ ныфс кæй хуыдта, хъулон уарзт кæй кодта, йæ уыцы хъæбул, дæ мадыфсымæр Максим! — Уæдæй нырмæ мæ зæрдæйы нырхæм, æз афтæ бирæ кæй уарзтон, уыцы Максимы тыххæй зæрдæхалæн маст, цæсты къусджытæ байдзаг сты цæстысыгтæй, æрлæсæн кодтой рустыл, райхъуыст мæ фуртт-фуртт. — Гъæй-гъæй, ме ’взæр хæрæфырт, æз дæ лæг куы ’нхъæлдтон æмæ дын мæсусæг ныхæстæ уымæн куы ра- хъæр кодтон æмæ ды та кæугæ куы кæныс, — Максим мын мæ сæр, рæвдаугæ, йæ риумæ балхъывта. Æз ар- хайдтон, цæмæй йыл мæ сæры уæз ма руагътаин, хуы- фып та ма райдыдтаин. Фæлæ мын Максим мæ сæр нæ уагъта, цыма мæнмæ йе стыр уарзондзинад уымæй рав- дисынмæ хъавыдис. Максимы риуы хыр-хыр мæ хъустыл уад. Мæнæ мæхи гыцци зæронд хæдон гæппæлтæн куы 169
фескъуыдтæ кæны, уымæн дæр ма вæййы ахæм къуыр- ма зæл. Æз тынг тæригъæд кодтон Максимæн. «Ау, дзæ- буджы къупп-къуппау цы зæрдæ цæвы, уый райсом ныллæуудзæнис йæ кусынæй? Ау, иал уыдзæн мæхи дзæбæх мадыфсымæр Максим?»-- нал æмæ нал æнцад- тæн мæ хæкъуырццæй. Максим мæ сæрыхъуынтыл рæв- даугæ йæ къух хаста æмæ мæ сабыр кодта. — Сæрмæт, кæд дæхи Максимы уарзыс, уæд басабыр у, науæд дæ гыцци афтæмæй куы ’рбаййафа, уæд фæ- рисдзæн йæ зæрдæ. Фæрсдзæн дæ: «Цы кодтай, мæ дзæ- бæх лæппу, цæмæн кæуыс?» Æмæ йын ды, мыййаг, гæ- ды ныхæстæ нæ кæндзынæ. Лæгау-лæг гæды ныхас йæ сæрмæ ма хъуамæ æрхæсса, стæй йæ дуду гыццийы зæрдæ дæр ма хъуамæ фæриссын кæна. Максимы ныхæстæ мæм тынг бахъардтой æмæ мæхи æрсабыр кодтон. «Æцæгæйдæр,—.ахъуыды кодтон æз, — гыцци мæ, зæгъæм, фæрсы, уæд ын цы хъуамæ зæгъон? Фæливгæ? Нæ! Æз мæхи гыццийы никуы афæ- ливдзынæн. Æцæгдзинад ын зæгъон, æмæ иуæй мæ уар- зон мадыфсымæрыл сайдæй цæуын. Уый мæ лæг хоны, йæ зæрдæйы сусæгдзинад мыл баууæндыд, æмæ йæ æз та уæй акæнон. Нæ, уый лæгдзинад нæу... Фæлæ йæ, зæгъæм, уæддæр рахъæр кодтон, уæд- уыцы сусæгдзина- ды базындæй мæхи гыццийæн рагацау стыр маст нæ кæнын? Кæнын- Максим раст загъта. Æз хъуамæ ан’ы- хъуырон мæ маст, æндæр гæнæн дзы нæй. Æз лæг дæн, ма хъуамæ райсон Максимы зæрдæхудт, ма фæриссын кæнон гыццийы зæрдæ дæр». Мæхи æрсабыр кодтон. Мæ саерыл схæцыдтæн. Æвæццæгæн, уыцы уысммæ æнхъæл- мæ каст Максим дæр. Мæнæн кæд мæ цæстытæ нырма дæр цæссыгты малты ленк кодтой, уæддæр æм бахуд- тæн. Бахудт Максим дæр æмæ мæм риуы хырхыргæнаг хъæлæсæй сдзырдта: — Лæг дæ, мæ дзæбæх хæрæфырт, æмæ æри уый тыххæй дæ къух! — Мæ къух мын бакодта йæ дыууæ армытъæпæпы ’хсæн. Æз хатыдтæн, Максимы уæнгта- сæхимид гæзæмæ куыд рызтысты, уый. 170
ЦАМА Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Цьша зæххыл дьг куынæ уыдаис, уæд мын зæронды бон афтæ тынг чи ба- рухс кодтай мæ зæрдæ. Ды дæ Мадымайрæмы байзæд- даджы тæккæ ахадгæдæртæй иу. Дæу бæсты фарн сфæлдыста, цæмæй де стыр сау рæсугъд цæстыты химæ- лвасæг тых хæсса цин, амонд, зæрдæхцондзинад. Рæ- сугъд дидинæгыл мыдыбындзытæ куыд фæтыгуыртæ кæ~ нынц, афтæ дæ алыварс фæзилдух кæнынц алы кары нæлгоймæгтæ. Дæумæ чи тырны, дæу фендмæ, хурьь скастау, чи фæбæллы, а-лæджыхъо дæр> уыдонæй у. Мæ- нæн ме ’взонджы бонты хъысмæт бирæ удхъизæмæрттæ- фæкодта. Уæлыгæс, фиййауы даргъ лæдзæг... Хæлын: худ, хызын ме ’мбæлццæттæ уыдысты æдзухдæр. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Æз ахæм уавæры ба- хаудтæн, дæуæн табу чи кæны, дæ уыцы хъамбулзæнг,, цæнгдых, айнæгварс нæлгоймæгтимæ æмæ куыд зæгъон,. зæронд кæй дæн, ууыл басæттон уый мæхицæн нæ барын. Ме стæг кæй схырыз, мæ гуыры уæз мæ зæнгтæ рæстмæ уромынхъом кæй нал сты, цестыты цæхæр кæй æрмы- нæг æмæ ме змис кæлын кæй байдыдта, ууыл та цу æмæ ды басæтт. Уый нæ, фæлæ уæддæр мæ тых фæлварын’ дæ хъалтуг лæгау-лæгтимæ. Æцæг, уыдон дæр алыхатт’ хъамбулзæнг, айнæгварс, къæдзæхы, топпы, нæмыгау,, чи ахизы, ахæмтæ нæ вæййынц. Æмæ æз та, æвæццæ- гæн, мæ ивгъуыды азты сæрыстырдзинадыл зæрдæдар- гæйæ, мæ гæрзтæ æрæвæрынвæнд нæма кæнын. Æз — сæрыстыр мæ ивгъуыдæй, уыдон — сæ абонæй. Раст цыма сæ чидæр дæ разы лæууы æмæ^дын мæн тыххæй„ йæ риу хойгæ, уайдзæфтыл схæцыд: «Ныр дæу чи хæссы, Уый йæ лæджыхъæд Мемæ бавзарæд Кæд хуыздæр у, уæдГ % :*- ’ 17Е
Р1е йæ топпæй хъазт, Ие нæ бæхыл бадт. Ие йæ кæсгоп кафт, Йе йæ цæгъдгæ зард!» Мах нæдæр топпæй хъазыдыстæм, нæдæр бæхыл бад- тыстæм, фæлæ дæ цæхæрцæстлæппулæгтæй сæ иу мемæ йæ тых бавзарынвæнд кæй скодта, уый æз фæхатыдтæн йæ тохмондаг ахастæй. Гъе, мæ хæсгæмæрдтæ, уæдæ, мæ худинаджы дуг æрлæууыд? Уæдæ, ныр абон æз хъуамæ æрæвæрон мæ гæрзтæ æмæ мæ сæрыстырдзинадыл къæм абада? Ныхъ- хъусон -мæ зæрдæйы æрхæндæг хъæрзтмæ? Уæвгæ, хуыздæр истæмæ æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд. Хъалтуг лæппу, йæ гуыры конд — сыгъдæг æргъиутæй арæзт, æл- вæст, бæрзонд, астæунарæг, фæтæнуæхс, йæ сау зачъе- тæ денджызы уддзæфæй æхцонзмæлд кодтой. Йæ сау цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ тахт. Иæ сæр, хæххон хъал дзæбидырау, бæрзонд хаста. Нывгæнджытæ ма фæбæллынц ,ахæмы сныв кæнынмæ. Йæ æппæт гуыры конд, йæ мидахаст дзырдтой, цард дзы кæй абухы, ууыл. Мæнмæ та, æвæццæгæн, зæронды лæмæгъдзинад сдзырдта æмæ йын мæхинымæры уайдзæф кæнын: уаих •фæуай, мæ фарны кæсдæр, цас лæгдзинад у. зæронды хьару бавзарын? Чизоны, хæрамдзинад нæй йæ зæрдæйы, фæлæ йæ фæнды мæнæн хæларæй бамбарын кæнын: ’тæрсгæ ма кæн, зæронд, æз дæ къухтæй куы райсон царды тырыса, уæд æй йæ рæсугъд нысанмæ фæхæсдзынæн кад æмæ радæй, ды та мæм ивгъуыдæй кæсдзынæ сæрыстырæй. Чизоны, афтæ хъуыды кодта, уæд йæ цæрæнбон би- рæ ахæм фарны кæсдæрæн. Фæлæ, чи зоны, цард тох кæй у, æмæ уый та йæ уæнгты æгæрон тых кæй хаты, уымæ гæсгæ сфæнд кодта зæронд лæгæн йæ бон базо- нын кæнын. Ома, зæронд, иуварс, ма лæу, цæлхдурау. мæ развæндагыл. Чизоны. Кæд афтæ хъуыды кодта, уæддæр æм хæрам хæссæн нæй. Афтæ хъуамæ уа царды æгъдау: базæронд дæ, иуварс алæуу, ратт царды рохтæ æвзонгмæ. Уымæ кæд дæ фæлтæрддзинад нæй, уæддæр уыц’ æвзонг æмæ тыхджын у. Иæ армы дойнаг дур бата- йын кæндзæн. Уæхстуадæй стæхдзæн, цæргæсау, бæр- з^нд айнæджы цъупмæ æмæ дзы сæрсæфæн арф коммæ ракæсдзæн хъал, сæрыстыр дзæбидырау. О, фæлæ кæд чи радта барвæндæй йæ бартæ? Кæд 172
уыд ахæм рæстæг æмæ адæймаг басæтта йе ’нæбон лæ- мæгъдзинадыл? Кæд уыдис ахæм рæстæг æмæ адæймаг зæгъа: æз базæронд дæн, ницыуал пайда уын дæн, ны- вæрут мæ зыгуымхæссæн тæсчъы æмæ мæ арæцугъут сæрсæфæн коммæ. Афтæ никуы уыдис. Лæг йæ алы кары дæр фæтырны æхсардзинадмæ. Зæронды дæр фæ- фæнды, стъалыйау, тæхгæ-тæхын басудзын. Уый афта* кæй у, уымæн хуыздæр æвдисæн Нарты Уырызмæджы фæстаг балц. Уый, дам, зæронды бон удæгасæй йæхи нывæрын кодта чырыны, бахуыдтой йын йæ сæр æмæ йæ доны барæцыгътой. Цæугæдон чырын нылласта Дон- беттырты паддзахадмæ. Уырызмæг хинæй фæуæлахиз Донбеттырты паддзахыл æмæ йыи йæ фæллой ратæрын кодта ■ Нарты гуыппырсартæн. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Кæй нæ фæнды^ Нарты Уырызмæгау, зæронды бон фесгуыхын, фæлæ уый стæмты къухы бафты. Ахъуыды-ма кæн, Цама, алы зæронд лæг нæхи Уырызмæгау куы сгуыхид, алы кæс- дæр Батрадзау, уæд зæххы къорийыл ирон адæмæй амондджындæр нæ уаид. Фæлæ дзы ис къуырдбазыр кæсдæртæ дæр æмæ мæнæ мæ хуызæн æнæбон зæрæд- тæ дæр. Æндæра гъеныр æз зопдджын_ хисдæр куы уа- ин, уæд мыл цы мæгуыры бон ис, цæмæн схæцыдтæн мæ фарны кæсдæримæ боикалд митыл Сау денджызьг гуылфæнты. Æнцондæр æмæ хуыздæр нæу, дæ кæсдæ- рæн æргомæй зæгъын: ленк кæн, мæ хур, фарнимæ ден- джызы арф æмæ знæт уылæнты. Мæнæи мæ уыцы кары азтæ раджы аивгъуыдтой. Æз мæнæ йæ тæнæг кæрæтты дæр, тæрсгæ-ризгæйæ, хуылыдз кæнын мæ зæронд уæнг- тæ. Фæлæ ахæм хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Мæ æрыгон кæсдæрмæ бакастæн, хылкæнынарæзт зæ- ронд галау, æмæ йын æнæ хъыпп-сыппæй, ме ’ппæт аха- стæй бамбарын кодтон, йæ гæрзтæ чи æрæвæра, ахæм зæрондимæ кæй нæ фембæлдтæ, зæгъгæ, уыцы хабар. Бамбæрста мæ сæрыстыр кæсдæр дæр æнæдзургæйæ æмæ дардæй йе ’лвæст уæнгтæ фæцагайдтой денджызы былмæ, тæккæ былгæрон къуылдымыл, пуртийау, фес- хъиудта, лæджы æмбæрц стахт уæлдæфы, зиллак дзьг æхсырфарæзтæй ацарæзта æмæ, йæ сæр бынмæ, афтæ- мæй смидæг урсбæрц уылæнты. Исдуг нал фæзынд, ден- джызы уылæнтæ йæ амбæхстой сæ арф гуЫлфæнтьг, стæй, тюленау, дзæвгар æддæдæрæй сгæпп кодта. Рай- сомы хуры тынтæм йæ дзæнхъа дæндæгтæ цæхæртæ 173
^екалдтой. Цы бамбарын мын æй хъуыд — кæй мæм фæ- худт. Гъе, фæлæ ма æз денджызы был лæууыдтæн, нæ- ма аленк кодтон æмæ мыл, зæгъын, кæд уый тыххæй .худы былысчъилæй. «Нæ, зæронд, — загътон мæхи- цæн, — теуайы уаргъ афтæ ма ныппырх уа, æмæ дзы :хæрæджы уаргъ ма æрæвзæра». Æгæр раджы ма ’ркал дæ гæрзтæ. Не стыр фыдæлтæ, алантæ, нæ эрæйы размæ дыккаг æнусы Сау денджызы был æмбу кодтой. Се ’хсаргæрдты æндон зæлланг мæлæты тас æфтыдта сæ бирæ знæгтыл. Цас фæцагътой знæгтæй, фæлæ бонæй- ?бонмæ ихсыдысты сæхæдæг дæр. Афтæ мæм кæсы, цы- ма денджызы сæрмæ цы æнæнымæц бирæ чайкæтæ фæ- •тæхынц, уыдон чайкæтæ не сты, фæлæ амондсыгъд нæр- •тон чызджытæ æмæ зæрдæхæлд мадæлтæ. Денджыз куы ’схъызы, иæ тыхджын уылæнтæ æнæрынцойæ куы фæ- хъæрзынц, уæд йæ сæрмæ удаистæй, хъæрахстгæнгæ, ’фæзилахар кæнынц чайкæтæ. Афтæ мæм фæкæсы, цы- :ма, уыдон уынгæг зæрдæйæ фæкæуынц сæ судзаджы :мæрдтыл. 'Гъей, зæронд, кæд ма дæ уæнгты ис уыцы сæрыстыр аланты туджы иунæг æртах, уæд дын денджызмæ хиз- гæйæ у. Уыцы хъуыдыгæнгæйæ, йæ базыртæ уадиссаг -базмæлын кæнын чи нал фæфæразы, ахæм зæронд ки- тау, бахызтæн денджызы уылæнтæм. О, царды хос, царддæттæг диссаджы денджыз! Мæ уæнгты æвиппайды февзæрд æгæрон тых. Срог сты. Æр- •фæндыд мæ, кæсагау, цъыллынджытæ кæнын. Дон у хъарм. Уылæнтæ—урсбарц. Уæлгоммæ ленк кæнын. .Арвы айдæн цъæх-цъæхидæй зыны, æрмæст ыл урсбари :æврæгътæ тыгуыртæ-тыгуыртæй срæдзæгъдтæ сты. Ныр сæм денджызы уæлцъарæй кæсын, фæлæ сæм æрæджы. ■хæдтæхæгыл Ирыстонæй Мæскуымæ тахтæн, æмæ кас- тæн уæлейæ быимæ. Гъемæ, Кавказы хæхты сæрты тæх- тæйæ, адæймаг диссагдæр цы хъуамæ фена уыцы урс- урсид æврæгътæй. Урсцагъд къуымбилау, кæм стыр тыгуыртæй, кæм чысыл бындзгуытæй фæленк кæнынц -арвы тыгъдады куы иуæрдæм, куы — иннæрдæм. Куы та жнæзмæлгæ æрцауындзæг вæййынц арвы риуыл. I Сабыргай хилынц скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм абон ’дæр. Сабыргай ленк кæнын æз дæр арф денджызы уылæнты. Иуахæмы фæкастæн былгæроны ’рдæм, бам- бæрстон, — дзæвгар кæй адард дæн. Фæстæмæ раздæхын мæ нæ фæндыд. Царды вазыгджын хъуыдыты афтæ арф 074
аныгъуылдтæн æмæ мæ ферох ис, кæимæ дæр ерысæй кæй ленк кæнын, уыцы хабар. Диссаг у дун-дунейы арæзт. Зæххы къори у йæ æнæнымæц меридианы иу стъалы. Чи зоны, кæнæ чи сбæлвырд кодта æмæ уый æппæт стъалытæй зæххы йеттæмæ цард никуыуал ис. Нæу ахæм хъуыды бауырнинаг. Фæлæ зæххон мæлинаг цоты æнамонддзинад æндæр хъуыддаджы ис: сæ рав- зæрдæй фæстæмæ суанг се стыр фыдæлты фыдæлты фы- дæлтæ Шимпанзе æмæ Орангутангæй райдай, сæ къух- тæм гуымир хæцæнгæрзтæ куы райстой, уæдæй фæстæ- мæ кæрæдзи цæгъдыны куыст кæнынц. Афтæ мæм кæ- сы, æмæ зæххыл адæймаджы равзæрдæй абонмæ удуæлдай тохы чи фæмард, уыдоны нымæц у мин мин хатты фылдæр, абон зæххы къорийыл чи цæры, уыдон- æй. Уæдæ, цæй амондджын уыдаид адæймагады истори æмæ лæджы куырыхон зонд, мæлæтхæссæг хæцæнгæрз- тæ аразыны бæсты здæхт куы уыдаид космикон тыгъдад басæттынмæ. О, уæд зæххон адæмты къухы абон уаид иууыл раз- мæдзыддæр техникæ. Уæд зæххон адæм раджы сарæз- таиккой зæххыл дзæнæтон цард. Уæд зæххон адæйма- джы куырыхон зонд раджы байгом кодтаид иннæ стъа- лытæм меридианон фæндæгтæ. Уæд раджы базыдтаик- кам, иннæ стъалытыл ма цард ис æви нæ, уый. Афтæ мæм кæсы, цыма æндæр планетæтыл ис, зæххон циви- лизаци æмæ йæ техникæ сæ рыджы дæр кæмæн нæ зынынц, ахæм размæдзыд цард. «Ой, цы фæдæ, зæронд!» — мæ хъустыл ауад дæрд- дзæфæй мæ кæсдæры хъæр. Æвиппайды æрбатары сты, фантазийы уацары мæ чи баппæрста, мæ уыцы хъуы- дытæ æмæ та рахызтæн хуымæтæг зæххон царды са- гъæстæм. Акастæн, хъæр ’ кæцырдыгæй æрбайхъуыст, уыцы ’рдæм. Мæ фарны кæсдæр, делфинау, гæрды уы- лæнтæ. Мæ зæрдæмæ бахъуызыд æрхæндæгдзинад. Мæхицæн уайдзæф кæнын: зæронд, æфсæрмы кæнын хъæуы азты кар æмæ фарнæй. О, фæлæ цæй зын’у уæддæр хи удæгасæй ныгæнын. Гъемæ, Нарты Уырызмæг йе ’нæном лæппуимæ зы- мæджы хъызты Терк-Турчы рæгъау ратæрынмæ куыд ацыд стæры, ахæм уавæры бахаудтæн æз дæр. Æз хорз зыдтон, ер’ысæн рæсугъд мадзал кæй нæ равзæрстам. Фæлæ симды ма бацу, бацыдтæ, уæд дзы симын хъæуы. Дæ мадимæ хъæбысæй ма рахæц. Фæлæ иугæр дæ сæр- 175
мæ æрхастай рахæцын, уæд уый дæр абырсын хъæуы. Ленк кæнæм дыууæйæ Сау денджызы уылæнты. Мæ цæхæрцæст кæсдæр архайы иу-цалдæр къахдзæфы мæ- нæй раздæр ленк кæныныл. Куы та мæ развæндагыл, арвы ронау, зиллак дæр æркæны. Æз нæ тагъд кæнын нæдæр йæ разæй фæуыныл, нæдæр зиллактæ аразыныл. Æз равзæрстон денджызы дарддæр баленк кæнын. Гъе, уымæ гæсгæ уыцы сабырæй, иугъæдонæй ленк кæ- нын дардæй-дарддæр. Æвæццæгæн, фæхатыдысты ден- джызгæрон цы бирæ адæм уыд, уыдон нæ ерысы хабар æмæ цымыдисæй кастысты, йе ’лхынцъ цæуыл фæуы- дзæн, уымæ. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Уарзын ленк кæ- нын мæ сабийы бонтæй фæстæмæ. Хохаг лæппу та ленк кæнынæн цы зыдта? Кæм ын ис ахæм фадат? Сæрды тæвды нæ чысыл дæтты сæрты хидтыл ничиуал фæхизы. Афтæ стæнæг вæййынц æмæ сабитæ дæр, ду- рæй-дурмæ гæппгæнгæ, бахизынц иннæ фарсмæ. Нæ куырæйттæй бирæтæ сæ зилынæй ныллæууынц, доны лæмæгъ тых сын сæ цалх азилын кæй нал фæфæразы. уый тыххæй. Æрмæст ма фæзилынц къададæттыл арæзт чысылфыд куырæйттæ. Гъемæ, ахæм чысыл доны чи хъуамæ базопа ленк кæнын? Фæлæ мæ иу хатт, уæд мыл дыууадæс азы йеттæмæ нæ цыд, мæ хисдæр æфсы- мæр акодта йемæ Каспы районмæ. Цементкъахæн маданты куыста хохрæмудзæгæй. Фыццаг аз цардыстæм хохмаданы бынмæ Къуары былгæрон гуырдзиаг хъæу Кавтисхевийы. Нæ зæрдæхæлар гуырдзиаг фысымтæ сæхæдæг дæр рæвдз нæ уыдысты сугæй. Бирæ сывæл- лæтты хицауæн йæ дарæг уыдысты йæ фос. Уыд сæм дуцгæ къамбецтæ, мæргътæ æмæ дыууæ дзæргъы æд хъыбылтæ. Иу-чысыл цæхæрадоны зæхх. Сæйрагдæр дзы тыдтой хъæдур æмæ нартхор. Гъемæ\сæм ме ’фсы- мæр йæ куыстуатæй каст фæйнæджы уаццæгтæй, дзу- лæй, уыдон та нын лæвæрдтой æхсыр, хъæдур. Зымæджы даргъ æхсæвты та-иу арæх фысымты лæг Гиви, ме ’фсы- мæр Уасил æмæ сых^æгты лæгтæ бадтысты парахат фын- джы фарсмæ æмæ-иу зæрдæхæларæй минас кодтой. Фынджы фидыц уыдысты хъыбылы фыд æмæ уæливых- тæ. Ссад-иу ме ’фсымæр самал кодта. Уæливыхтæ та-иу нын ме ’фсымæры бинойнаг Аннæ скодта. Зын царды азтæ уыдысты. Советон хицауадыл дæс азы нæма цыд. Хæлд хæдзарады æндидзыны азтæ. Гъемæ, нæ цыбыр- 176
къух фысымтæ сæ къамбецты æхсырæй цы гуымбылтæ- ахстой, уыдоны, йæ сабиты дзыхæй стонгæйæ, нæ фы- сымты ус зæрдæхæлар Тинæ æрвыста йæ лæгæн хуы- цаубонты Тбилисы базармæ уæй кæнынмæ- Цы капеч- чы муртæ-иу райста, уыдонæй æлхæдта фæтæген,, гæрзтæхсæн сапон, лæппутæн рæстæгæй-рæстæгмæ къо- ходзитæ, чызджытæн — аслам дзабыртæ. Хатт-иу йемæ æрбахаста урс-урсид дзулы буханкæ. Стыр хæзнайау-иу æй, бинонтæн æмхуызон хæйттыл алыг кæнгæйæ, бай- уæрста. 0, фæлæ-иу ногбон æхсæв, гъе, æндæр ахæм исты дины бæрæгбон ралæууыд, уæд-иу Тинæ йæ базай- рæггæгтæй кæддæриддæр зæрдæхæларæй рахицæн кодта фынджы бæрæчетæн. Гъе, æмæ-иу ахæм рæстæджы не ссад æмæ Тинæйы цыхтытæй конд уæливыхтæ уыдысты фынджы фидыцæн йæ иу хай. Гуырдзиаг лæгтæ, сырх сæны агуывзæтæ фæрсудзгæйæ, амонæн æнгуылдзтæй сæ рихитæ фæйнæрдæм даугæйæ, адджынæн хордтой уæливыхты кæрстытæ, æппæлыдысты Аннæйы арæхст- дзинадæй. Æз кастæн æмæ уыдтон: уыцы æппæлæн ны- хæстæ æхсызгонæй æмбæлдысты канд Лннæ æмæ ме- ’фсымæры зæрдæйыл нæ, фæлæ зæрдæхæлар фысымтæ Тинæ æмæ Гивийы зæрдæйыл дæр. Æмæ раст уыдысты уыдон дæр. Уымæн æмæ ацы чысыл хъæуы ныртæккæ адоны йеттæмæ, æвæццæгæн, йæ фынг уæливыхтæ ни- кæмæн рæсугъд кæнынц. Æмæ канд уый нæ, фæлæ, чизоиы, ацы хъæуы нæй æндæр ахæм хæдзар, йæ фын- джы фарсмæ, хæлар бинонтау, кæмæн бадынц ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. Уый хæдзары фарн, хæдзары кад стыдта иннæ гуырдзиæгты цæсты æмæ-иу ахæм бæрæг- бонты уæлдай æхсызгондæрæй тырныдтой ардæм. Фы- сымты лæг та уыд хъæлдзæг, ныхасгæнаг æм -иу мæ- стæй мардта йæ сыхæгты. — Ацы ирæттæ мæ бабын кодтой. Куы мæм æрцы- дысты, уæдæй фæстæмæ иу дзуары бон, иу ног æхсæв дæр, мæ сыхæгты къæбæр цы ад кæны, уый нал зонын. Сыхæгтæ æмбæрстой Гивийы хъазæн ныхæстæ æмæ- йын дзуапп лæвæрдтой хъазæн ныхæстæй: — Гъемæ, дæ хорзæхæй, рауадз ирæтты ныр та мах- мæ цæрынмæ æмæ дын алыхатт дæр нæ дуæрттæ — гом. Нæ бæрæчет фынгыл кæд ахæм дзаджджын уæливыхтæ* рафидауиккой махæн дæр. — Нæ, нæ, нæ, уый кой ма кæнут! Йæ хæдзары фарн ничи суры. Цы бон нæм æрбакъахдзæф кодтой, уый- 12. Хацырты С. 177
сыгъзæрин фестæд. Сымах уæливыхтæ уынут, фæлæ сæйраг хъуыддаг нæ зонут. — Аба, швило, — йæ цæстытæй хуртæ худт, афтæ- мæй мæм рæвдаугæ сдзырдта Гиви,—равдисут уæ арæхстдзинад мæнæ ацы хамасхортæн. — Æз не ’мбæ- рстон дзырд «хамас»-ы нысаниуæг, фæлæ иугæр Гиви- йы ныхасмæ æхсызгонæй бахудтысты йæ сыхæгтæ, уæд .æй рæвдауæн дзырд фенхъæлдтон. Мах — фысымты сывæллæттæ, мæ кæсдæр æфсымæр æмæ æз алæууы- дыстæм иу къордæй, æрмæст нын йæ мады хъæбысы смидæг, сынты базырау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ кæ- мæн ■ уыд, уыцы Аникъо æмæ нæм уырдыгæй, карчы цъиуау, гудзиццытæ кодта. Иннæ изæрты-иу æнæ сы- хæгтæй Аникъо уыд нæ хъазты цырв. Æдзухдæр гуыр- дзиаг чонгури уыд йæ къухы æмæ-иу лæгъстæ кодта йæ мад Тинæйæн, исты нын ацæгъд æмæ азар, зæгъгæ. Мах дæр зыдтам, æнæазаргæ йæ кæй нæ ныууадздзæн, уый æмæ-иу сæ алыварс амбырд стæм. Бахатыдыстæм- иу^Тииæмæ мах дæр. Тинæ-иу райста чонгури, бирæ хатт- иу уæззау сулæфьщ: — Ох, хъæбултæ, мæ куыстытæ мæ хъуырмæ сты, уæд мæ зарынмæ æвдæлы. Фæлæ йæ нæ хъыджы бацæуын дæр нæ фæндыд, йæ къух ын бирæ цæмæйдæрты рог кодтам. Хæдзар æфс- найдтам, фосы бын марзтам, мæргътæн хæринаг^ лæ- вæрдтам, йæ хисдæр лæппу-иу дыууæ дзæргъы æд хъы- былтæ хизынмæ скъæрдта. Тинæ диссаджы рæсугъд цагъта чонгурийæ. Йæ уа- залдзыд хъæлæсæй зарыд алыгъуызон æнкъард зарджы- тæ. Фæлæ-иу куы фæхатыд, йæ зæрдæйы æрхæндæгдзи- над махыл дæр æфты ,уæд-иу рахызт хъæлдзæг мелоди- тæм. Махæн-иу æрбайсæфт нæ зæрдæйы æрхæндæг- дзинад æмæ-иу, талынг къуыммæ хуры тын куыд нык- к’æса æмæ барухс уа, уыйау-иу нæ зæрдæты сфæйлыдта циндзинад. Райдыдтам-иу йемæ зарын. Куы та зарæг рахызтаид кафтмæ. Æз нæ зыдтон гуырдзиаг кæфтытæ, фæлæ гуырдзиаг мелодимæ ирон кафты хъыллиппытыл схæцыдтæн. Гъемæ-иу ахæм рæстæджы Аникъойы зард, кафтæн кæрон нæ уыд. Фæлæ ныр сыхæгты лæгты-цур йæ арæхстдзинад равдисынæй æфсæрмы кæны æмæ иæ мады хъæбысы дæр уымæн аныгъуылд. Хæйрæг Гиви зоны, иугæр Аникъомæ лæгтæ хатынц, ;уæд уый бынтон кæй нычъчъерппи уыдзæн æмæ Тин- .178
йæн сæрæй ’ацамыдта, чонгури райс æмæ ацæгъд, зæгъ- гæ. Тинæ чонгури айста æмæ æхцон зæлтæ тадысты уаты къуымты. Бахъырныдтам ын мах дæр. Æхцон за- рæджы зæлтæм нал фæлæууыдысты стыртæй дæр чи- дæртæ æмæ йæ систой бæрзонддæр хъæлæсæй. Хæдзар æгасæйдæр зарæджы зæлтæй байдзаг. Аникъомæ хатын нал бахъуыд, фæлæ йæ фыды хъæбысы смидæг æмæ уый дæр зарын райдыдта. Зарæг рахызт кафтмæ, æмæ æппæты фыццаг йæ чысыл базыртæ чи систа, уый уыд Аникъо. Æгасæйдæр хуры тынтæ хъазыд йæ райдзаст саулагъз цæсгомыл. Дыууæ зылды сиргæ куы ацыд, уæд, стыр чызгау, мæ разы алæууыд æмæ мын йæ сæ- рæй ныллæг акуывта. Мæнмæ хардзау фæкаст, стырты цур мæм кæй æрбахатыд, уый. Аннæмæй та гуырдзиаг мелодимæ ирон кафт куыд кæнон, зæгъгæ, уымæй фæ- тыхстæн. 0, фæлæ гыццыл Аникъо йæ мады хъæбысы куыд абырыд чысыл раздæр, æз та афтæ кæй хъæбысы абырыдаин. Нал мын уыд æндæр гæнæн æмæ рагæпп кодтон йæ размæ. Цæргæсы базыртау, айтыгътон мæ къабæзтæ. Ноджы, хуыцау саразæд гуырдзиаг кафт æрымысæджы, чызг æмæ лæппу фæкафынц рæстæгæй- рæстæгмæ радгай. Гъемæ, æз тарстæн, зæгъын, чысыл Аникъо мемæ быцæу кафтыл куы схæца, уæд лекъури кафты цур æгæр бæрæгæй зындзæн мæ ирон гæпп кафт. Фæлæ Аникъо быцæуыл не схæцыд. Куыддæр иу зылд акодта, афтæ æрлæууыд æмæ мын иннæтау уый дæр æмдзæгъд кодта. Мæнæн фадат фæцис мæ арæхстдзи- над равдисынæн æмæ нал ауæрстон мæ къахкъухтыл. Ноджы лекъурийы мелоди Тинæ дæр фæивта æмæ йæ цагъд кæд æххæст ирон цагъды мелоди нæ уыдис, уæд- дæр мын мæ рог кафты ритмæн дзæбæх дзуапп лæвæрд- та. Стæй та Аникъо кафын куы райдыдта, уæд чонгу- рийы тæгтæй гуырд æнæхъæнæй дæр лекъурийы мелоди. Кафт фæцис æмæ нын сыхæгтæ æхсызгонæй хъæбыстæ кодтой. Уый фæстæ иу кафджыты ивтой иннæтæ. Куы та кафты ивтой зарджытæ. — Аба, швило, гъеныр ма рахæсс дæ чингуытæ æмæ мæ сыхæгтæн фенын кæн дæ арæхстдзинад, — бахатыд мæм Гиви. — Æз рахастон уырыссаг, гуырдзиаг æмæ ирон ахуыргæнæн чингуытæ. Чингуытæ радгай истон мæ къухмæ æмæ се ’ртæйæ дæр, гом дæр сæ нæ бакодтон, афтæмæй, уымæй размæ æнæкæсгæйæ кæй сахуыр код- топ, ахæм фæйнæ иу æмдзæвгæйы радзырдтон. Цыдæр 179
дзырдарæхстдзинад сыхæгты бафтыдта дисы. Цыдæр буц æмæ хæлæггæнæг цæстæй мæм кастысты. Иыма кæсын, фыссын кæй нæ зонынц, уый сыл ныр æртæфст, афтæ мæм фæкаст. Фæлæ мæ фысымæн, æз рæвдз æмæ дзырдарæхст кæй дæн, уый нæ уыд йæ сæрыстырдзинад. Уый йæ сыхæгты раз æндæр хъуыддагæй раппæлынмæ хъавыд. Фæлæ йын æз йæ цотæн уырыссаг дамгъæтæ ■кæй бацамыдтон, æвæццæгæн мæм фыццаг уый тыххæй æрбахатыд. — Аба, швилебо, — ныр та сымах равдисут мæ дзæбæх сыхæгтæн, кæрдзын дзæгъæлы кæй нæ хæрут æмæ Ги- вийы ныфсы мæсгуытæ кæй стут, уый. Гивийы лæппутæ æмæ чызджытæ рæвдз бакастысты фæйнæ тексты гуырдзиагау дæр æмæ уырыссагау дæр. Æгæрмæгуыр, чысыл Аникьо я кæд дамгъæтæ нæма зыдта, уæддæр, къæр-къæргæнгæ, радзырдта иу æм- дзæвгæ гуырдзиагау, иу та — уырыссагау. Сыхæгтæ кæд уырыссагау не ’мбæрстой, уæддæр сывæллæтты дзырд- арæхстдзинадыл сæ дисæн кæрон нал уыд. Гиви сæм сæрыстырæй бакаст æмæ сын æхсызгонæй загъта: — Мæ хæдзармæ ацы фарн æрбахастой мæ зынаргъ ирæттæ æмæ мын сæ сымах та уæхи ’рдыгæй фæкæнын- мæ хъавут. Нæ, хуыцау мæ бахизæд ахæм фыдбылызæй. Æндæр хъуыддаг у, кæд нæ сæхæдæг сфæлмæцыдысты æмæ уымæн та, æвæццæгæн, æндæр гæнæн дæр нæй, бирæ сывæллæттæ, хъæр, хъæлæба æмæ кæд нæ мæгуыр цардыл нал æввæрсынц, уæддæр сын цы мæ бон у, — ме ’фсымæры ’рдæм зæрдæхæдарæй фæрсæджы каст бакодта Гиви. Ме ’фсымæр Уасил бадт сыхæгты хисдæры уæлейæ, фысымы бакомкоммæ. Кæд сыхæгты лæгтæй æрыгон- дæр уыд, уæддæр уыцы азты интеллигенцийы минæ- вар — кад æмæ йын цыт кодтой, хохрæмудзæг уыд Кас- пы бакомкоммæ цементкъахæн маданты, фæлæ йæ мæ фысымтæ дæр æмæ сыхæгтæ дæр инженер хуыдтой. Уасил сыкъа систа æмæ фысыммæ барджынæй бадзырд- та: — Фарн дæм бадзурæд, мæ буц фысым Гиви, фæлæ иугæр мæн дæр фæрсыс, уæд мын бар радт æмæ дын дæ фЗрстæн радтон гаджидауæй дзуапп. , — Хуыздæр фæндæн скæнæн нæй, — схор-хор код- той фынджы фарсмæ бадджытæ. — Цæй, æмæ ацы сидт рауадзæм, уæдæ, ирон æмæ 180
гуырдзиаг адæмты æнусон хæлардзинады тыххæй. Не стыр фыдæлтæ Цæразонты Давид-Сослаи æмæ сылгой- маг паддзах Тамарæйæ райдай æмæ абоны онг гуыр- дзы æмæ ир цæрынц иу арвы бын сыхæгтæй, хæларæй, уарзонæй. Сæ цæхх, сæ кæрдзын кæддæриддæр сæ кæ- рæдзи хæдзæртты хордтой адджынæй. Ирон хæдзары æфсинты фидыц куыд систы гуырдзиаг сылгоймæгтæ, афтæ гуырдзиаг хæдзæртты фарн та систы ирон сылгой- мæгтæ. Дуг йæ фариы гакк æвæры нæ хæлардзинады азты цардыл. Æгæрмæгуыр, нæ цотыл дæр æвæрæм гуырдзиаг æмæ ирон (картли æмæ оси) дзырдтæй рав- зæргæ нæмттæ — Картлос æмæ æндæртæ. Фæлæ мæнæ мæ зæрдæхæлар Гивийы бæркадджын фынджы фарсмæ бадгæйæ, .мах, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ, раст нæ уа- иккам, нæ цæстытæ куы бацъынд кæниккам æмæ афтæ- мæй куы дзуриккам куырм хæлардзинадыл. Хæлардзи- нады бындур, астæумагъз у рæстдзинад. Гъе, æмæ хат- тæй-хатт сымахæй дæр æмæ махæй дæр иуæй-иу хæрам адæймæгтæ, мигъы къуымбил райдзаст арвыл куыд фæзыны, афтæ фæзыны нæ уыцы хæлардзинады ’хсæн, фезмæнты нын нæ рæсуг æфсымæрон æнусты азыккон суадон. Цæй, æмæ нын дуиейы фарн радтæд уыйбæрц хъару, уыйбæрц лæгдзинад æмæ-иу хæрам адæймæгты змæнтæн цæхæрыл сугтæ цы нæ калæм, фæлæ сæ-иу ихджын донæй афоныл цы ныххуыссын кæнæм. Адæм рухс фидæн æрмæстдæр уæд сараздзысты æмæ йыл уд- уæлдайæ тохкæнынхъом куы уæм. Нæ хæлардзинад, нæ рухс фидæны тыххæй,.æфсымæртæ! — галы сыкъа бын- дзарæй афæрсыгъта æмæ йæ иннæ къухы армыл æрдæл- гом кодта. Рогæй йын асæрфта йæ былтæ, байдзаг æй кодта æмæ йæ Гивимæ балæвæрдта. — Зынаргъ Гиви, дæу хуызæн фысым æз цырагъы рухсæй дæр никуы ссардзынæн. Сидт дæумæ. Хæлардзинады гаджидау цыд къухæй-къухмæ æмæ йæ æхсызгонæй банызтой се ’ппæт дæр. О, æмæ та иу ахæм радон фынджы фарсмæ аба- дынмæ сæхи куы цæттæ кодтой мæ фысымтæ, уæд сын ме ’фсымæр ныфс бавæрдта сугæй. Быдыры цардысты нæ фысымтæ, хъæд сæм æввахс никуы уыд. Гъе, æмæ сугæй тыхст æййæфтой. Фылдæр хатт сыгътой сæнар, нартхоры хъæллæгътæй ма-иу фос цы хъæдтæ фæуагъ- той, уыдон. Гъе та-иу стыр уарыны рæстæджы Къуары дон куы раивылд, уæд йемæ цы бæлæстæ ласта, уыдо- 181
нæй-иу хусмæ кæй раппæрста, æмæ-иу хъæубæсты цæр- джытæ æзфæраздæронæй кæуыл хæлæф кодтой, ахæмтæ. Мах æртæйæ — æз, мæ кæсдæр æфсымæр Дзыбын, мæ фысымты фынддæсаздзыд лæппу Датикъо ацыдыстæм- ме ’фсымæры куыстуатмæ. Уый нын ставд хъæды хыр- хæйфаст кæройнаг бæзджын æмæ даргъ фæйнæгмæ ацамыдта, телæй нын æй бабаста йæхæдæг, йе ’ннæ кæ- роны цæджы атъыста хъил æмæ-йыл æртæйæ рахæцы- дыстæм. Зынæй йæ фæрæзтам уырдыджы ласын. Цы хъæуы цардыстæм, уый уыдис К/ьуары цæугæдоны тæк- кæ был. Гъемæ, сфæнд кодтам фæйнæг уырдыгмæ доны былмæ нылласын. Доны йæ баппардзыстæм æмæ йæ дон-дон хъæуы бынмæ ныххæццæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæнд нæм бæргæ дзæбæх уыд, фæлæ йæ сæххæст кæ- нын къухы нæ бафтыд. Иуафон фæйнæг дурыл йæхи скъуырдта, уылæн æй фæцæхгæрмæ кодта. Доны тых- джын уылæн нын мæцъис нæ къухæй атыдта æмæ дæлæ кæс, дон нын æй сабыр уылæнты уæззаугай фæласы,. уырдыджы тыхæй кæй æртеу-теу кодтам, нæ уыцы фæй- нæг. Доны фæрсты дæлæмæ сабыргай цæуæм нæхæдæг дæр. Уазалгомау фæззыгон бон уыд æмæ нæ алчи дæр йæ дарæс феппарынмæ зивæг кодта. Æххæст æй хъæуы быны онг нылласа, зæгъгæ. Фæлæ ног бæллæх, фæйнæ- джы развæндагыл — доны зилдухæн. Фæйнæг дзы сми- дæг, цалдæр хатты йæ йæхимидæг æрзылдта, стæй цы- ма йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уыйау æй радыввытт кодта. Зилдухæнæй цы фыцгæ доны уылæнтæ лæбурдтой æд- дæмæ, уыдон тырныдтой фалæрдæм, гъемæ иын нæ фæйнæг фаллаг фарсмæ ласын райдыдтой. Мах не ’ртæ дæр скатайаг стæм. Фæйнæг аппæрста фаллаг фарсмæ æмæ схæцыд цавæрдæр стыр дурыл. Æнхъæл уыдыс- тæм, доны уылæнтæ йæ феккуырсын кæндзысты йæ бы- натæй, фæлæ марадз зæгъ, рæстæг цæуы æмæ уый та уыцы иу ран сабыргай змæлы. Мах скатайаг стæм. Æз æмæ ме ’фсымæр ленк кæнын æппындæр нæ зыдтам. Æнæуый дæр Къуары хуызæн стыр дон фыццаг хатт федтон. Нæ Лехурайы дон та сæрдыгон нал фæфаг кæны куырæйттæ зилынæн дæр. Нæ фысымты лæппу зыдта ленк кæнын, фæлæ уазал доны бахизынмæ йæ ныфс пæ хаста, æнæуый дæр арæх рынчынтæ кодта. Нæ хуудинаджы рæстæг æрцыд, зæгъгæ, ахъуыды кодтон æз. Изæры нæ ас лæгтæ мæстæй мардзысты æртæ лæджы бындзæфхадæн — æртæ усгур лæппуйæн дон сæ фæй- 182
нæг байста, зæгъгæ. Сылгоймæгты, чыз’джыты, былæс- чъил худт, чыр-чырæй рагацау худинаджы азарæй- сыгътæн. Æгæрмæгуыр, чысыл Аникъо дæр ныббырыд йæ мады хъæбысы æмæ нæ цыма уырдыгæй мæстæй ’мары. — Нæ, ацы стыр дон мæ ссæдз хатты, куы аласа,. уæддæр ахæм худинаджы азар мæ сæрмæ не ’рхæсдзы- нæн! — сабыргай ласын райдыдтон мæ дарæс. Датикъо- мын дзырдта, зæгъгæ, ленк кæнын нæ зоныс æмæ дæ* дон аласдзæн. Фæлтау цом хæдзармæ, мæ фыдæн зæгъ- дзынæн æмæ йæ уый ацы фарсмæ æрбаппардзæн. Фæ- лæ æз мæхи нычъчъерппи кодтон, нæ бакастæн коммæ. Цалынмæ, зæгъын, мах хъæумæ цæуæм, уырдыгæй фæс- тæмæ здæхæм, уæдмæ гæнæн ис æмæ йæ уылæнтæ са- быргай раласой дуры иувæрсты æмæ йæ уый фæстæ дон кæм амидæг кæндзæн, — хуыцау йæ зонæг. Æз рав- зæрстон, дон кæм фæфæтæндæр, ахæм лæгъз бынат, уым тæнæгдæр вæййы æмæ зулаивæй ронбасты онг цæ- уын райдыдтон фаллаг фарсмæ. Сыгъзæрин фæззæг уыд æмæ ахæм рæстæг дон адæймаджы буар фелхыс- чъытæ кæны. Ноджы æз мæ мидæггæгтæ нæ раластон, æддаг уазалы, дам, хуылыдз пысул буармæ къаддæр фæуадзы. Сабыргай цæуын, хъавгæ къахдзæфтæгæнгæ, доны иннæ фарсмæ. Донæн йе ’мбисæй фæфалæмæ дæн. Уылæнтæ мыл зына-нæзына дæлæмæ-дæлæмæ хæцыдысты. Æз кæд тæ- нæгдæр раи равзæрстон, уæддæр астæумæ доны цæуын мæн уагъта цыдæр тас. Бирæ мæ нал хъуыд кæронмæ. Бæрцæй’ дыууæ-æртæ метры. Уæртæ, гъе, мæ фæйнæг дæр. Фæстæмæ мын æнцондæр уыдзæн. Фæйнæгыл бæх- бадт скæндзынæн. æмæ йæ иннæ фарсмæ сабыргай ба- скъæрдзынæн, куыд фæндтæ кодтон, афтæ мæ къах аны- гъуылд арф доны æмæ цыдæр малгонды ныммидæг дæн. Дон мæ сæрты акалд. Базыдтон ме сæфты уысм, фæлæ цы мæ бон уыд. Æмæ, дам, амонд нæй, уæдæ уый цы уыд. Иу стыр дурыл куыддæрты атыхстысты мæ цæнг- тæ. Раст мæ уыцы уысм ныццавта доны уылæн æмæ мæ йæ былмæ радыввытт кодта. Æрдæг метрæй арфдæр нæ уыд былгæроны дон, фæлæ æз -ме ’муд нæма æрцыд- тæн, фыртæсæй мæ дæндæгтæ къæрцц-къæрцц кодтой, сурмæ рахизыны хъару нал уыди мæ уæнгты. Уыдтон: дон мæ сабыргай дæлæмæ-дæлæмæ ласы. Фаллаг фар- сæй ме ’фсымæр Дзыбын æмæ мæ фысымты лæппу Да- 183'
тикъо æмбæрстой хъуыддаг æмæ фæдисæй хъæр кæнын райдыдтой, дон мæ хуыдыммæ фæласы, зæгъгæ. Æз ме '’муд æрцыдтæн, мæ фæс’таг тыхтæ æрбамбырд кодтон •æмæ тыхамæлттæй рахылдтæн былгæронмæ. Уæлæрдæм скастæн æмæ стыр дуры фарсмæ цæхгæрæй лæууыд, мæхи кæй тыххæй сæфтон, уыцы фæйнæг. Æввахс æм ссыдтæн. Бæхбадт ыл скодтон, фæлæ мæ уæз уымæн бумбули, дон æй бынмæ нæ ласы. Æз æппæт дæр лыс- тæггай сбарстон, фæйнæгыл куы сбадон, уæд æй, цы рæтты аскъæрдзынæн, уыдæттæ. Фæйнæгæн йе ставд- дæр кæрон фæкодтон размæ. Астæумæ æвзахс ыл сбад- дзынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ йæ фæбырын кодтон стыр дуры цурæй. Доны сабыр уылæнтæ йыл ахæцы- дысты æмæ фæйнæг æнцонæй феккуырст йæ бынатæй. Æз, рагацау цы бынат равзæрстон мæхицæн, уым ыл бæхбадт акодтон æмæ доны уылæнтæ фæйнæджы куын- нæ фæцæхгæрмæ ’кæной, афтæ йæ зулаив сабыргай скъæрын райдыдтон иннæ фарсмæ. Доны æмбисæй фæ- фалæмæ дæн .æнæфыдбылызæй, фылдæр ныфс бацыд мæ уæнгты. Дзыбын æмæ Датикъомæ мæ къух æхсыз- гонæй батылдтон. Цыма Хъарсы фидар\ басастон, мæ- химæ ахæм удуæлдай хъайтар фæкастæн. Доны былгæ- ронмæ куы ’рбацыдтæн æдфæйнæг, уæд рахызтæн. Мæ- цъис лæппутæм слæвæрдтон æмæ сын загътон, æз хъæ- уы бынмæ фæйнæгæй нал рахиздзынæн, фæлæ сымах фидар хæцут мæцъисыл æмæ фæйнæг донæн фæцæх- гæр кæнын мауал бауадзут. Фæндагыл ныл ахæм бæллæхæй ницыуал сæмбæлд. Дзæбæхæй ныххæццæ стæм хъæуы бынмæ: æз — фæйнатыл, Дзыбын æмæ Да- тикъо та фæйнæджы рохтыл хæцгæйæ, былгæрæтты дæ- лæмæ уайгæйæ. Тыхæйты йæ раппæрстам былгæронмæ. Уæдмæ нæм, Гиви хæдзары нæ уыд, фæлæ-хъæуы лæг- тæй чидæртæ фæзынд æмæ фæйиæг бамидæг кодтам нæ фысымты кæртмæ. Мæнæн мæ дарæс — хуылыдз, фыр- уазалæй мæ дæндæгты къæрцц-къæрцц не ’нцайы. Дзы- бын æмæ Датикъо та сæ кæрæдзийы дзыхæй ныхас скъæфтой, царциаты диссагау, дзурынц, чысыл раздæр мæ дон куыд фæцæйласта, уыцы хабæрттæ. — Марадз, тагъддæр скъæтмæ, науæд фæрынчын уыдзынæ, — загъта мын хисдæртæй чидæр. Хъæубæстæ дæр æмæ нæхиуæттæ дæр æнхъæл уы- дысты æз фæрынчын уыдзынæн. Фæлæ иæ фæрынчыи дæн. Уайтагъддæр мыл хъæбатыр лæппуйы ном ичъийау 184
аныхæст. Æрмæст бæлвырдæй нæ зыдтон, цæй тыххæй мæ афтæ рахуыдтой — доны фаллаг фарсмæ лæгдыхæй кæй алæгæрстон, æмæ мæ дон кæй фæцæйласта, уый тыххæй æви уазал доны кæй ныллæпъа дæн æмæ кæй нæ фæрынчын дæн, æви донæн мæ фæйнæг аласын кæй нæ бауагътон, уый тыххæй. Чизоны, æртæ хабарæн се ’ппæты тыххæй дæр. Гъе, æмæ дын æз, хъæбатыр лæппуйы номхæссæг, хъарм уалдзæджы кæрон ас адæмимæ Къуары донмæ згъорын райдыдтон. Мæ ф^сым хорз’ленк кодта. Уый мын бацамыдта ленк кæнын. — Ды, хъæбатыр лæппу дæ, — æппæлыд мæ Гиви,— æмæ’ чысыл фæстæдæр ацы фурды кæсаджы цъыллын- джытæ кæндзынæ. Æмæ нæ фæрæдыд нæ зæрдæхæлар фысым Гиви. Сæрд-сæрддæргъы хæдзары куыстытæй-иу февдæлоны фадат фæцис — доны ■ уылæнты-иу смидæг дæн. Иу- æрдæм — ленк, иннæрдæм — ленк, — дон мын царды хос фестад. Афтæ ныфсджынæй райдыдтон ленк кæнын æмæ мыл хъæубæстæ сæ цæст æрæвæрдтой. Доны бын æнæулæфгæйæ фæлæууын та фæрæзтон ас адæймæг- тæй фылдæр. Æз цы доны зилдухæны æмæ хуыдымы не смидæг дæн, ахæм нал баззад. Доны зилдухæнтæй æд- дæмæ рахизын фæразынц æрмæстдæр фæлтæрд ленк- гæнджытæ. Уыцы сусæгдзинад дæр мын Гиви бацамыд- та. Ома, доны фыцгæ уылæнты хъуамæ ныггæпп кæнай арфдæр, цæмæй дæ бинаг уылæнтæ семæ æддæмæ ра- / дыввытт кæной. Науæд уæллаг уылæнты сæрты æддæ- ’ мæ агæпп кæнынмæ куы хъавай, уæд дæ уыдон та бын- мæ фæласынц. Гъемæ тæппудтæ фыдбылызы дæр уы- мæн бахауынц, хуыдымы арфы ныххизынæй кæй фæ- тæрсынц. Гиви-иу йæхæдæг дæр дардæй разгъордта былгæродмæ, уæлдæфы-иу зиллак ацарæзта æмæ-иу хуыдымы фыцгæ уылæнты йæ сæр фæцавта. Исду^æр- байсæфтаид уы’лæнты арфы, стæй-иу зилгæ уылæнты бынæй рагæпп кодта æдд’æмæ. Уый фæстæ мын цал æмæ цал хатты амыдта ноджыдæр-хуыдыммæ ныггæпп кæ- ныны сусæгдзинæдтæ. Иугæр ленк кæнын базыдтон, уæд, кæсагау, базырджын уыдтæн, Гивийы цур та — уæлдайдæр. Дардæй-иу разгъордтон æз дæр, уæлдæфы зиллак нæма зыдтон, фæлæ былгæрон мæ къæхтæ авæрдтон, стахтæн уæлдæфмæ æмæ мæ сæр хуыдымы фыцгæ уылæнты фæцавтон, сæ тæккæ бынты семæ, зил- 185
духгæнгæ, абырыдтæн æмæ мæн дæр Гивиау радыввьпт кодтой æддæмæ. — Хъочах, бичъо! — раппæлыд мæ Гиви. Уый.фæстæ нал ныууагътон фыцгæ хуыдымтæй иу дæр æнæ ныггæппгæнгæ. Хорз сахуыр кодтон уæлдæфы зиллакк аразын дæр. Мæ карæн лæпнутæй мæнау пыфс- джынæй хуыдымтæм иу дæр нæ гæпп кодта. Й’у хуы- цаубоны Уасил ацыд немæ йæхи найынмæ. Куы мæ фед- та ленк кæнгæ æмæ, хуыдымты цъыллынджытæ кæнын- мæ куыд арæхсын, уый, уæд ын стыр æхсызгон уыд> фæлæ мæ уæддæр бафæдзæхста: «Æнæсгæрст ,хуыдым- тæм, æррайау, гæппытæ гæнæн нæй. Бирæ рæтты дзы вæййы ставд цыргъ дуртæ æмæ уæд фыдбылызы йеттæ- мæ хорзæй мацæмæ æыхъæлмæ кæс». Хорз зонд-зонæн мын фесты мæ хисдæры амындтытæ. Цал æнæзонгæ хуыдымы басгæрстон уый фæстæ æмæ дзы иуæй-иу рæт- ты, æцæгæйдæр, разынд стыр дуртæ, уыдонимæ цыргъ дуртæ дæр. Уæдæ, уæдæ, мæ удæнцой Цама! Дон æмæ лепккæ- нын систы мæ царды иу хай. Фондз æмæ дыууиссæдз. азы ленк кæнын ныр. Уарзтон æй æвзонджы бонты, уар- зын æй зæронды бонты дæр. Куы фæленк кæнын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма æз дæр царды зилдухæнты ,змæлын, тырнын, цъымарайы цадау мыл хъуына нæ хæ- цы. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Мæнæ гъеныр дæр ’ ленк кæнын Сау денджызы æхсидгæ уылæнты. Зонын, ды дард дæ, дард, фæлæ мæнмæ мæ зæрдæ афтæ дзуры, цыма дыл фалдæр арфдæр уылæнты фембæлдзынæн. Ды мæм де стыр рæсугъд цæстытæй худгæ æрбакæсдзы- нæ, стæй, кæсагдзауау, ацъыввыттласдзынæ мæ разæй, æхсызгон хъæрахстгæнгæ: «Цы фæдæ, зæронд! Базмæ- лын ма кæн дæ уæнгтæ æмæ мæ раййаф!» «Гъæй, дæ~ бон ныччифай, Цама, ды, денджызы фи- дыц кæсагдзаутау, базырджын дæ, æз та?» Ды мæм уы- лæнты сæрты худгæйæ кæй кæсыс, иунæг уымæй дæр мын хæссыс амонд, мæ зæронд уæнгтæн — ныфс, мæ зæрдæйæн — цин æмæ царды монц. Дæ фæлгонц куы фæуайы мæ цæстытыл, уæд мæ æрфæнды æнус азтæм фæцæрын. Уæд нæ зонын, циу фæллад кæнæ зындзинад. Уæд нæ хатын азты уæз æдыхау. Ды цард дæ, цард. Рæ- сугъд цъæх арвыл — сæуæхсид. Бæрзонд хæхты дидин- вæлыст сæрвæтты сæууон æртæхы алы æртахы куы ссу- 186
дзы хуры тын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма уый æр- тæх нæ фæхуды, фæлæ мыл рацыд дæ цæстытæй зæй. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Мæнæн ме ’ппæт хъуыдытæ дæуимæ баст сты, дæуы йеттæмæ мæн ничи æндавы денджызы ацы дард ран. Мæхи йенырæй амонд- джындæр никуы хатын. Дæуимæ, арвы ферттывдау, цы рæсугъд уысмтæ федтон, уыдон систы мæ царды иу- уыл ахадæндæр уысмтæ. Иу маргъ, дам, авд æвзагæй зарыди, фæлæ йæ цъиусур куы æрсырдта, уæд дзы иу æвзагæй дæр нал арæхст. Уый æмбисонд æркодта мæ- ныл дæр, фыццаг хатт дæ куы федтон, уæд. Ф^æлæ ды дæхæдæг, Къостайы загъдау, дæлзæх мæгатæ цæуыл фæтæрхон кæнынц, уый дæр æмбарыс. Де стыр цæсты- ты ахасты кæй бахаудтæн, уый æнæфæхатгæ нæ фæдæ. Æмæ мыл уæд уыцы цæстыты цæхæр ныккалдтай æга- сæйдæр. Æз дæ цуры, къæмдзæстыг усгурау, бамыр , дæн. Ды та, цыма мын дæ химæлвасæг цæстæнгасы азар фаг нæ уыд, уыйау ма райдыдтай алыгъуызон хъæлдзæг зарджытæ æмæ худæджы кæфтытæ кæнын. Мæн æнæ:- хъæнæйдæр. бакодтай дæ уацары æмæ куырдтон хъыс- мæтæй, цæмæй уыцы иууыл зынаргъдæр уысмтæ ма фескъуына. Дæ цуры уыдтæн æви дæуæй иппæрд ран, ды æнæаскъуыйгæйæ зилдух кодтай мæ хъуыдыты. Æмæ иубон, не ’ууæндыдтæн мæ цæстытыл, не ’ууæндыд- тæн мæ хъустыл дæр, æвзаг сфæлхат кæна дæ дзырдтæ, уый фаг тых нæ арын мæхимæ. Уæд дæ уаздзырдтæй мæныл ракаст хур. Фæлæ мыл уæд дæ уаз дзырдтæй баталынг бæстæ дæр. Ахæм æнæнхъæлæджы хабарæй фæсæнтдзæф дæн, куыройы фыдау, разылд мæ сæр æмæ исдуг бамыр дæн. Де стыр цæстытæ сæ тæккæ дзаг уы- дысты цæссыгæй æмæ мæм дæ булæмæргъы уаз хъæ- лæсы бæсты æрхæндæгæй, ныллæг хъæлæсæй^ æрба- дзырдтай: «Зæронд, кæсын дæм, кæсын æмæ мæ алыварс, ды- дын бындзау, чи гуыв-гуыв кæны, сæ дзæгъæл дзæнгæ- дайæ мын æнцойдзинад чи нæ дæтты, ды уыдонæй нæ дæ. Фæлæ, хъыгагæн, ды нæ дæ, мæ уаз бæллицты æхсæ- вæй-бонæй кæмæ бæллыдтæн, уый дæр. Дæхæдæг зоныс, .ис мын лæг, ис мын фаззон лæппутæ. Фæлæ адæймаг ацы дунейы æвзæргæ дæр æмæ мæлгæ дæр иунæг хатт кæиы. Иунæг цард йеттæмæ йын нæй. Гъемæ, хуылыдз кæлдымау, цæйнæфæлтау бирæ азты дæргъы сыф-сыф- 187
гæнгæ, фæздæг калгæ фæсудзон, фæлтау уадз иунæг бонмæ цъыбыртты сыгъд’бауон. Фæлæ уыцы иунæг бон уæд адæймаджы æцæг боЪ, æцæг цард. Гъе, уымæ гæс- гæ, зæронд, дæ разы ис, удæгасæй кæуыл тайыс æмæ руайыс, уыцы æнамонд сылгоймаг. Радт мын иунæг бон цард, æцæг цард, æмæ æз~ цæттæ дæн демæ фæцæуынмæ арвы кæронмæ дæр. Ам мах зæрдæйæ зæрдæмæ цæрын нæ бауадздзысты. Стæй ды дæр абон дæ къуырма, куырм. Фæлæ дæм райсом, нæ цард куы баиу кæнæм, уæд тæхын куы райдайой цардхалæг фыстæджытæ мæ бирæ табугæнджыты тыххæй, æмæ мæ цъыфты змæнтын куы райдайой, уæд дæ цæсты ахадгæ нæ, фæлæ мын цъымарайы хæфсы кад дæр нал уыдзæн. Æмæ ма уæд цы у мæ удæгас та? Дыккаг амондсыгъд... Цæй тыххæй мæ хъуамæ ныццæва бон сихорафон арв? Дæхæдæг, зоныс, ис мын лæт. Кондджын, уындджын, дæуæн фыр- тæн бæззы. Фæлæ мæ лæг мæ лæг нæу. Уый мæ лæг уыдис нæ бацæрыны фыццаг бонты. Фæлæ йæм фæстæ- дæр хæрамхæссæг фыстæджытæ кæрæдзийы фæстæ тæ- ’хын куы райдыдтой, æмæ мæныл алы хахуыртæ куы мысыдысты, уæд æй сæрра кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Нæ горæты уал бæласы нæй, æз уыцы фыстæджытæм гæсгæ цал лæгыл фембæлдтæн. Цъаммар фыстæджытæ сæ кæнон бакодтой. Мæ лæджы сæр разилын кодтой, фæуазалзæрдæ мæм. Æмæ канд уый нæ, фæлæ хаттæй- хатт йæ масты рохтæ атонынц æмæ уæд фыдгул уый дæрзæг, æнæхсæст æвзагмæ байхъусæд. Æз ын сабы- рæй дзурын: тыхбегара дыл нæй æмæ цæрæнбонты мæ хуызæн дæлдзиныг, хæлд сылгоймагимæ дæ хъиутæ цæ- мæн хъуамæ хæрай. Дуне — уæрæх, ссар æндæры, мæн мæ мæгуырыл ныууадз. Афтæ,æнхъæлыс, мæ ныхæстæ йæм бахъарынц. Куыннæ стæй. Бынтон фыддæр уæд фæ- вæййы. Æвæццæгæн, дам, дæ сæфты табугæнджытæй искæуыл дæ зæрдæ дарыс, æндæра, дам, нæ ахицæныл куыд уæлæхох дæ. Гъемæ, цæрæм, жæрæдзи хæрæм, афтæмæй. Фæлæ алыхатт афтæ нæ вæййы. Алыхатт нæ хъусы хахуыргæнджытæм. Йæ дзæбæх зæрдæ, раст зон- дыл куы вæййы, уæд бинонтыл, йæ фаззон лæппутыл цырагъау фæтайы. Хынджылæг дæрч,ма фæкæны. Мæ- нæ, дам, мæ лæппутæ бон уылынг рæздзысты, æхсæв уыдисны, тагъд алæгтæ уыдзысты æмæ сæ мады хæз- гулты фæйнæрдæм куы фæсурой, уæд æнæхъæнæйдæр нæхицæн баззайдзæн. Æццæй, афтæ нæу, мæ лæппутæ. 188
Сымах нарты Æхсар æмæ Æхсæртæгæй сæрæндæр уы- дзыстут. «О-о, уыцы хæзна дын куы баззайа», — фæрæхойы йæ йæ хæрам æвзагæй йæ мад дæр. 'Хаху’ыр адæмы цъаммар фыстæджытæ йын йæ зæрдæ афтæ нæ хъæс- тæ кæнынц, йæ мады ныхæстæ йæ æнæкардæй цас æр- гæвдынц. Лæджы зæрдæ фæцис дыууæ дихы. Иуæрды- гæй мад, ныййарæг мад, йæ дзыхы комдзагæй йæ чи схаста, иннæ ’рдыгæй — мах, йæ ус, йæ фаззон дыууæ фырты. Тæрæзтыл сæ фæрабар-бабар кæны æмæ сæ уæззаудæр куы ничи разыны, уæд æррайы гæпп фæкæ- ны æмæ хæдзары хуыдуггæнæг уæлдæфæй æд’дæмæ али- дзæгау кæны. Фæстæмæ æрбацæуы æмбисæхсæвтæм æввахс сау расыгæй, куы та цæугæ дæр нал æрбакæны. Æз æй нæ фæрсын, кæм вæййы, уымæй. Æрмæст зонын, йæ масты тыппыртæ фæрсырдыгæй кæй суадзы. Рай- дианы хахуырхæсс фыстæджытæм æз æмгæрон нæ цыд- тæн. Лæгæн йæхи номыл уыдысты æмæ сæ, зæгъын,уадз æмæ йæхæдæг райхалæд, бакæсæд. Стæй сæ кæд æз дæр бакæсон, уый йæ фæнда, уæд мæнæ дæн. Кæд нæ, уæд цæмæн хъуамæ бакæсон искæй фыстæджытæ, сæ ныф- фысджытæ исты, миййаг, мæ хорзмæ куынæ бæллынц. Фæлæ-иу бинонты цард æрвылхатт дæр уыцы фыстæ- джыты фæстæ кæй базмæсти, уый зæрдылдаргæйæ сæ æз æмбæхсын райдыдтон мæ лæгæй. Райдианы сæ хъа- выдтæн куынæг кæнынмæ, фæлæ мæ цыдæр тых урæдта уыцы хабарæй. Ме ’фсин фæхатыд, фæстаг рæстæг йæ, фырт арæх æрра митæ кæй нал кæны, æхсæвыгæтты нозтджынæй кæй нал æрбацæуы, уый. Æз æнхъæл уыд- тæн, уыцы хабар ын æхсызгон уыдзæн... Фæлæ, мæ хур акæн. Ныр та æфсин байдыдта зæрдæхъæрмттæ кæнын. Мæ иунæг фыртæн, дам, мын цыдæр хинтæ скодтай, æндæра, дам, дæ раджы асырдтаид. Ды, дам, мæ фыр- тæн йæ къахы æнгуылдзы аргъ дæр нæ дæ. Æмæ мын цынæгъуызон фидистыл схæцыд. Мæнæн мæ маст атыдта, ферох кодтон, йæ чындз кæй дæн. Сылгоймаг хъæуæй горæтмæ кæй æрбацыд, горæттаг культурæйæ бирæ цыдæртæ кæй нæма бам- бæрста, уыдæттæ дæр ын нал ныххатыр кодтон, фæлæ йыл мæхæдæг дæр дæрзæг æвзагæй алæгæрстон. «Æ, æвзæр хохаг хихо! Уæдæ мæ цард фехалынмæ бæллыс?! Уæдæ ды дæр ме знæгты æмдзæхтон дæ? Се ’мдзæгъдмæ кафыс? Уæд ма фæкæс, сæрхъæн зæронд, кæддæра дæ 189
а-чызг дæ иунæг фыртæй дæ рустæ тонгæ нæ ныууадзид». — Æмæ йын цьг дæ бон у мæ иунæг фыртæн, дæ гуыппырсар æфсымæртæ йæ куынæ æрфæлдахдзысты, мыййаг? Фесæф нæ хæдзарæй, кæйдæр дзæгъæлкъах, æмæ куыйты бын дæр амæл, махæн цы уæлдай у. Æви дуне мæ иунæг фыртыл банцад. — Дæ гамхет фырт дæ цæсты ахады, æндæра йæ æз куыдзы хъуыды дæр нæ кæнын, — фыдæнæн фæфыддæр -дæн æз дæр. — Цæмæн æй хъуыды кæнай, дæ бирæ хæзгултæ дæ ницы цух ныууадздзысты... — Зæронд, дæ амонд бахæр, хисдæр дæ æмæ дæ ран- мæ мæхи куыд æруадзон, æндæра дын æз уыцы дæр- зæг æвзаджы тыххæй фенын кæнин. Фæлæ иугæр ды дæр мæ сæфтмæ бæллыс, уæд куыд дзæгъæл къах дæн, уый дын бацамондзынæн. Гуыппырсар æфсымæртæ мын нæй æмæ фидистыл уымæн схæцыдтæ. Уæдæ, дзæгъæл- къах дæн, хæтаг?; Хæзгултæ дарын? Гъемæ, ам мад æмæ фыды чызг ма уæд,, æз дын мæ уыцы хæзгултæй дæ фыр- ты искæмæн куынæ агуыпп кæнын’ кæнон. Мæн фена- монд кодтат дæ фыртимæ, уæд уадз уымæн йæ зынг ахуыссæд, ды та дæ рустæ тонгæ иунæгæй баззай, дæ удисæн бон дын дæ цæстытыл фæхæцæг куыд нал уа. Уæд базондзынæ, сæрхъæн, Цама чи у, уый». Æз тагъд-тагъд мæ дзаумæттæ æфснайын байдыдтон чумæданы. Ме ’фсин исдуг цавддурау лæууыд. Райдиа- ны, æвæццæгæн, не ’ууæндыд, æцæг цæуын, ууыл. Фæлæ шифоньерæй сынтæгмæ зыгъгъуыттытæ кæныныл схæ- цыдтæн мæ дарæс, æмæ мæстыйæ та афтæ мæсты уыд- тæн, æмæ мыл топпы нæмыг сæмбæлд, туджы æртах нæ рахъардтаид. Куыддæр мæ чумæдан систон мæ къух- мæ æмæ лæппутæн, «цæугæ ут мæ разæй», загътон, аф- та сылгоймаг йæ сæрбæттæн йæ сæрæй ратыдта æмæ йæ мæ разы æрæппæрста, йæ зонгуытыл лæугæйæ: — Гъæ, саубон мæ куыд баййæфта, чындз, æцæг цæугæ куы кæныс. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ныхха- тыр кæн,зæронд сæрхъæнæн йе ’рра ныхæстæ. Ма æна- монд кæн сабиты. Ис мад æмæ фыдæй сидзæры ном дæмæн, хъуамæ хæссой? — зæронд усы æвзаг гæркъæ раг фестад,-æмæ йыл цы бадт, уыдон лæхурдта. Раст нæ афтæмæй æрбаййæфта Сæрæби. ’ Æфсин сыстад, йæ кæлмæрзæн систа, æмæ йын цыма, мæ дзидзийы цъыртт дын удхæссæг фестæд, мæ зæронд 190
сæр дæ аххосæй æркъул кодтон, зæгъгæ, уайдзæф код- та, уыйау хæрам цæстæй бакаст Сæрæбимæ, стæй ахызт къухнимæ. — Цы мард уæ хæдзарæй рабырыд, цы уыл æр- цыд? — мады ацыды фæстæ мæм æрбауырдыг мæ лæг. Æз мæ чумæдан систон æмæ цæуыныл ныллæууыдтæн. Уый мæ развæндагыл цæхгæр алæууыд æмæ фырмæс- тæй йæ хуыз аныхъуырдта, афтæмæй мæм бартхъирæн кодта:- — Ард мæ хæдзары, мæ маст мæ зондыл куы фæтых уа, уæд уæ дыууæ дæр цæрæнбонтæм фæсмонгонд кæд нæ фæуат. Дæумæ нæ дзурын, пе ’фсин!!! — йæ цæстыты туг фæбадт, афтæмæй мыл фæбогъ кодта Сæрæби. — Мæнæн дыууæ лæгимæ цæрын мæ .бон нал у, нæ- химæ цæуын, — тыхамæлттæй ралæмæрстон æмæ чумæ- данмæ нал, фæлæ мæ фыртты цæнгтыл фæхæцыдтæн. — Цама!!! Дæхи æрæмбар!!! — ныр та йæ скъуыд- зæл дзырдтæ, топпы нæмыгау, æмбæлдысты мæныл. — Ауадз мæ, мæ развæндагыл ма лæу. Мæнæн ацы хæдзары лæг нал ис! — Куы дын дзы дыууæ лæджы ис, куы та дын дзы иу дæр нал ис,—йæ хъæлæс фæсабырдæр Сæрæбийæн. Ноджы ма къухни^ре æрбайхъуыст ме ’фсины фуртт- фуртт дæр. Мæ дыууæ фаззоны сæ Æнайы кæуын куы фехъуыстой, уæд, æвæццæгæн, сæ фыды цур фæныфс- джындæр сты, мæнæй сæ къухтæ атыдтой æмæ йæм аз- гъордтой. Сабиты фæзындæй фæтынгдæр зæронд усы кæуын. Йæ тæригъæд хъардта æмæ æлгъыста йæ хъыс- мæты. Сæрæби мын мæ сæр йæ риумæ æрбалвæста æмæ ныллæг хъæлæсæй, къухнимæ куыд нæ фехъуыстаид, афтæ загъта: «Усбирæгъ! Æз дын хæрд фæдæн, ныр та мæ мадмæ рахызтæ»... Сæрæбийы хъæлæс кæд рæвдау- гæ уыд, уæддæр æз мæхи ныддур кодтон æмæ йæ мæхи- цæй асхуыстон. '«Ныууадз дæ гæды митæ, дысон-бонмæ дæ рæстæг кæм æрвыстай, цæугæ фæстæмæ уырдæм!». — Æз нæ, фæлæ дæуæн дæр уырдæм цæугæ у. Дæу- мæ æрбацыдтæн, стæй дæ исты лæвар дæр æлхæнын хъæуы. Тотыр знон ус æрхаста. Гъемæ йæ йæ къухыл- х:æцæг фæсайдта. Цы æнæцæугæ ма мын уыдис. Дысон, æмбисæхсæвмæ не ’рбахæццæ стæм, æндæра дæ æнæ- акæнгæ нæ фæуыдаин. Арæвдз кæн дæхи, махмæ æн- хъæлмæ кæсынц. . Хъаугъайæ чындзæхсæвмæ уыд мæ фæндаг. Г91
Фæлæ уый фæстæ дæр æфсинимæ нæ суадон нал срæсуг. Æргом тохы нал цыд, фæлæ сусæгæй кæй ар- хаидта, уый хатыдтæн æппынæдзухæй. Мæн дисы æф- тыдта иу хъуыддаг: нæхимæ тæргай куы лыгътæн, уæд мæ разы йæ зонгуытыл цæмæн æрхауд? Уый та бамбæрстон фæстæдæр. Зæронд ус уыдта, мах Сæрæбиимæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæрæдзиимæ æмуд кæй цардыстæм. Гъемæ, нæ ахицæны аххос уый æф- сон фæуыдаид æмæ йын адæм нæхи æмæ нæ фаззæтты тæригъæд хъардтаиккой, уый йæ нæ фæндыд. Куы загъ- тон бинонты цард-змæнтæг уыдысты уыцы æнæхайыры фыстæджытæ. Гъе, уымæ гæсгæ сæ æз æмбæхсын рай- дыдтон Сæрæбийæ. Уыцы хабар бафиппайдта ме ’фсин, сæ фæдыл цуан кæнын райдыдта. Æвæццæгæн-иу æз æмæХæрæби службæйы куы уыдыстæм, сывæллæттæ — рæвдауæндоны, уæд-иу уый къуымтæ змæнтынмæ фæ- цис. Чизоны сæ ссардта, чизоны сæ искæмæн бакæсын кодта (йæхæдæг кæсын нæ зыдта), фæлæ фыстæджытæ уыдысты сæ бынаты æмæ сыл бонæй-бонмæ æфтыд. Мæнæн дæр сæм мæ зæрдæ æхсайдта æмæ сæ-иу сусæ- гæй абæрæг кодтон, сæ раны ма сты, æви нæ, зæгъгæ. 4 Афтæ ныл ивгъуыдтой бонтæ. Æз бирæ фæхъуыды код-г тон, дарддæр сын цы бакæнон, уый тыххæй æмæ æрцыд- тæн ахæм хатдзæгмæ: æз фыстæджытæ куы скуынæг кæнрн, уæд мæ намысы раз мæхи аххосджын кæндзы- нæн, кæд сæ зæронд ус дæр зыдта, уæд уый разы та уы- дзынæн зæрдæхудт æмæ, стæй, зæгъæм, исты амæлттæй уæддæр Сæрæбийы къухтæм бафтыдысты, уæд мæ аф- тæ нæ бафарстаид, кæд дæ намыс сыгъдæг у, уæд сæ цæмæн æмбæхстай мæнæй? Æппæт уыцы ныхмæлæууæг хъуыдытæ æз сбарстон лæмбынæгæй æмæ иу улæфты бон, Сæрæби хæдзары куы уыдис, уæд ын сæ йæ разы къонабастæй æрæвæрд- тон. — Иугай дын сæ куы лæвæрдтаин, уæд дын чи зоны, исты фæндон рахæссыны фаг нæ уыдаиккой. Фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, æмæ дын ныр фæндон рахæссы- нæй уæлдайы фаг дæр сты. Конвсрттæ уыдысты иууылдæр æхгæд. Æз дзы иу дæр нæ байгом кодтон, зыдтон, сæ мидæг хæрзæбонæй .ницы ис æмæ ма мæхи та æрвылхатт масты хай цæмæн хъуамæ кодтаин. Ныр та æнхъæлмæ кастæн фыстæджы- ты байгоммæ æмæ, мæ лæг цы аскъуыддзаг кæндзæн, 192
уымæ. Уый конверттыл йæ цæст ахаста æмæ бафиппайд- та: — Нæ хорзмæбæлджыты фыстæджыта^'. Ныртæккæ- сæ иууылдæр басудз. — Цæмæн сæ судзыс, мæнæ дзы ис æндæргъуызон. къухфыстытæ дæр. Ноджьгдæр ма чидæртæ цымыдис кæны нæ бинонты цардмæ, — мæ хъуыды загътон æр- лшæй. — Цама, æртæ азьГ цæрæм, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма æртиссæдз азы цæрæм. ’ Алæбон хыл, алæбон хъаугъа, лæг дзул^æмæ мыд хæрынæй дгёр фæлмæцы. Мæнæн ацы фыстæджытæ мæ зонд схæццæ кодтой, мæ* туг схъæстæ æмæ бирæ хатт нал феууа^ндын, мацы фыд- былыз саразон, зæгъгæ, ууыл. Йæ мад къухнийæ нæ ныхасмæ хъуыста. Иухатт æр- басыффытт ласта, æмæ йæ фырты ныхæстæ йæ хъус- тыл куы ауадысты, басудз сæ, зæгъгæ, уæд æй афарста, цы судзын кæны, уымæй. — Мæнæ уыцы хæрзиуджытæ, — стъолмæ йын аца- мыдта фыстæджытæм. — Дегæрылæй, æмæ уæдта дæ хорзмæбæллæджы? фыстæг дæр се ’хсæн ис, — бауырдыг æм мад. Æз бамбæрстон мады фæидон, зæрдиагæй йæ кæй фæндыд, цæмæй сæ бакастаиккам æмæ æнхъæлмæ кас- тæн, Сæрæби йæхæдæг цы зæгъдзæн, уымæ. — Мæ хорзмæбæллæг мæм цæмæн хъуамæ ^фысса фæсномыг фыстæджытæ. Кæд æцæг мæ хорзмæбæллæг у, уæд æрбацæуæд æмæ æргомæй зæгъæд, цы хъуыдьг кæны, уый, Кæд æм æргом зæгъыны хъару нæй, уæд уый дæр у, ме сæфтмæ чи бæллы, уыдоны æмдзæхтоьг æмæ мæ ахæмæн йе ’ххуыс дæр нæ хъæуы æмæ йæ уы- наффæ дæр. Цы сыл бирæ дзурæм, — спичкæ систа æмæ* сæ радгай тæбæгъмæ фæсыгъта. Сæ сатæгсау сыгъдæт- тыл æнцонæй бакæсæн уыд иугай дзырдтæ, скъуыддзæг- тæ: Сæрæби, лæг нæ... Мæлæт... Худинаг... Хæтаг Цама... Фæлæ нын уыдон кæсын дæр нал бауагъта. Сыгъдæттæ- фелвæста æмæ сæ бырондоны ныккалдта. Фæлæ фыс- тæджытæ уымæй нæ фæкъаддæр стьк Цыдысты æмæ^ цыдысты. Нæ бинонты цард дæр лæхурæг ссадæй конд кæрдзынæй уæлдай кæрæдзийыл никуы ныхæст. Иу бон — хъæрмуд, къуыри — загъд-замана. Афтæмæй мæ- хъиутæ хæрын. Мæнæн табу чи кæны, йæхи мыл чи ны- хасы, уыдонмæ кæсын æмæ сæ бинонтæ чи сараза, цард- 13. Хацырты С. 193'
аембалæн доныны æмрæстæджы .чи балæггад кæна, се ’хсæн иу ахæм нæ уынын. Æмæ иугæр ахæм нæй, .уæд иннæтæ æгæр арæх дæр сты. Цы мæ бон у. Æз лæмæгъ сылгоймаг дæн. Дæрзæг ныхас мæ туджы нæй. Кæмæ <сæ бахудай, уыдон та афтæ фенхъæлынц, цыма сæ уар- -зондзинадæй зæрдæхъæрмттæ кæнын. Куыннæ стæй, .уæдмæ мæрдты зындоны дзыназæнт ахæм рогзонд тутт <сæрты ныййарджытæ. Зæронд, æз сывæллон нал дæн. Мæхæдæг фаззæтты ’мад дæн. Цардмæ мын ис мæхи цæстæнгас. Адæймаг .йцы дунейыл^уый тыххæй нæ райгуыры, цæмæй цæрæн- >бонтæм йæ хъиутæ, фæхæра. Ахæм æнамонддзинад хор- зæй ницы æрхæсдзæн мæ сабитæн дæр, уыдзысты, лæ- мæгъ кæрдæджы хал дуры бын куыд рæза, æмæ йæ уый куыд цъист кæна/уый хуызæн, хуыздзыд, сæртæг. Æр- мæстдæр дæ бон у. æмæ мыд ды радтай цардамонд Фыны дæр æнхъæл кæмæн нæ уыдтæ — уыдзынæн дын ахæм æмбæлццон. Мæн аххосæй дæ сæрыл иунæг урс æрду уæлдай нал фæзындзæн! —тарст сæгуытау мæм æввахс- æввахс æрбацыдтæ, Цама. Мæуæхсчытыл мын æрæвæрд- тай дæ уæздан къухтæ, де стыр цæстытæй мæм комкоммæ кастæ. Æз бахаудтæн цъыссымы. Мæ фыны дæр æн- хъæл кæмæн нæ уыдтæн, — фæхудт мæм мæ зæронды бон ахæм амонд. Фырадæргæй мæ ныхыл сурхид фæ- зынд. Ды мæм кастæ æмæ кастæ. Дæу фæндыд мæ мид- сагъæстæ рахатын. Фæлæ ницы рахатын уыд дæ бон. Мæ зæрдæ фестад дур, æппæт дæр бакодта зонды бар. Зонд та... цъист кодта арф хъуыдыты уæзæй. О, цард, куыд диссаг æмæ куыд вазыгджын дæ! Ныр мын йæхæдæг куы зæгъы, уæд ’ фæтарстæн уыцы стыр амонды бæрндзинадæй. О, о, фæтарстæн! Фæтарстæн, дæу æгæр уарзтæй кæй уарзын, фæлæ дын, ды цы амондмæ æнхъæлмæ кæсыс, уый радтын мæ бон кæй нæу, уымæй. Мæнæн мæ сыкъа йæ былтæй акалд, дæуæн ..æрмæстдæр — йе ’мбисы онг дзаг- Уый стыр бæрндзи- :над у. Æмæ йæ мæ лæмæгъ уæхсчытæ, зæнгтæ кæй нæ бауромдзысты, уый зонын, фæлæ æвзаг нæ тасы йæ зæ- гъынмæ. Цæхæры тæвд агуры зæрдæ, фæлæ цæхæры ’тæвд судзы къухтæ. Афтæмæй тыхсын. Оцани бæхау, _дæ разы ныххерджи дæн. Нал мын размæ аккуырсын æнтысы, нал фæстæмæ, ды та мæм дзуапмæ æнхъæлмæ :кæсыс. — Зæронд, — рæвдаугæ мæм сдзырдтай ды æмæ 1194
мæм дæ былтæ æрбахастай хæстæг, дæ комы тæф мæ цæсгомыл аныдзæвд. Дæ цæстытæ æгасæйдæр уыдысты монцы цæхæрæй дзаг. Цæй тынг мæ фæндыд дæу мæ риумæ нылхъивын, дæ розæгъуыз судзгæ былты ад бан- къарын, фæлæ тарстæн дæ сыгъдæг зæрдæйы хæрам- дзинадæй. Æрæджиау мæ хъусы сабыр сыбар-сыбурæй тадысты дæ хъæдабæйау лæгъз дзырдтæ: — Дзуаппыл батагъд кæн дын нæ зæгъын. Мæ куыр- диат у, цæмæй йыл лæмбынæг ахъуыды кæнай, сбарай æппæт дæр. Уæдæй нырмæ цас рæстæг рацыдис, цас, мæ уд- æнцой Цама! Цал æмæ цал хатты сбарстон, ахъуыды кодтон дæ фæндоныл. Мæ дзуапп, фыццаг уысм мæм куы æрбадзырдтай, дæ комытæфæй мæ куы асыгътай, уæдæй фæстæмæ цæттæ уыд. Фæлæ хъуыды кæныс, Отелло Дездемонæмæ куы бацыд æхсæвы, цæмæй йæ ныххурх кодтаид, уыцы бынат? Уæд Отелло цырагъ райста æмæ йе стыр масты цæджджинаджы хуыдуггæн- гæйæ, кæугæмхæццæ дзырдта: «Мæ хæс у афтæ. Мæ хæс у афтæ. Кæнын æфсæрмы, о, чындздзон стъалытæ, уæ разы, йæ аххос зæгъын. Зæххæй хъуамæ куынæг æрцæуа. Нæ йын ныккалдзы- нæн йæ туг. Нæ йын бавналдзынæн йæ митæй урсдæр, алибастрæй лæгъздæр буармæ. Фæлæ уæддæр хъуамæ .амæла уый. Цæмæй фæлывд митæ ма кæна дарддæр. Афу кæнон цырагъ. Фыццаг уал цырагъ афу кæнон, стæй куы ’рфæсмон кæнон, уæд æй ссудздзынæн ногæй. 'Фæлæ куы ахуыссын кæнон дæ зынг, о, царциаты зы- наргъ, æрттиваг, удæгас стъалы, уæд нæ разындзæн дунетыл, дæу ма ногæй чи ссудза, ахæм Прометей дæр. Цалынмæ къутæрыл зайыс, уæдмæ цæй рæсугъд дæ, уарди! Уый фæстæ бампылы дæ фидыц. О, сыгъдæг улæфты бардуаг! Дæ разы байгомыг уыдзæн рæстдзинады тæрхон. У афтæ ноджыдæр дæ мæлæты фæстæ дæр. Æмæ дæ ныххурх кæндзынæч, уый фæстæ дæ уарзтæй сæрра уыдзынæн æз». Венециаг мавры уавæры хатыдтæн мæхи дæр. Уарзын дæ æрра лæппуйы судзгæ уарзтæй, мæ уд- .æицой Цама. Гъех, тæхуды æмæ’дзы цъыбыртты сыгъд бакæн. Фæлæ зонд нæ кæсы зæрдæйы коммæ. Уый карзæй рахаста дæуæн йæ тæрхон: 195
Цæй, цы лæууыс развæдыл, цæлхдурау, Ауадз мæ, дæ хорзæхæй, цæуын. Ма мæм худ, ма, ме сæфт худгæ хурау, Арв мæнæн мæ рыст удыл кæуы. Мауал судз сæдæ сыгъд уды ногæй, Æз дæуæн нæ ратдзынæн, нæ къух. Хосдзау дасы зад уыгæрдæн рогæй, Ихдзагъд хуым та — хорæрзадæй цух. Уалдзæгау дæу мин царды рæмудзы, Амонд дæ ды, амонд æмæ фарн! Рухс цырæгътæ де ’нгæса й фæсудзы, — Залты мит мæныл дары йæ арм. Ох, цы кæнон, базырсаст цæргæсау, Нал фæразын æз, мæ хур, тæхын. Донивылдтæй æз фæдæн зæрдæсау, Æмæ мын ды мауал кæн, ма, зын!.. Хивæнд у зонд. Зæронд кусæг, фæллад галау ныф- фæллад. Уарзондзинады зилдухæнтьк судза, абуха, уы* цы хъару нæ хаты йæхимæ. Æнустыæккон тулдз бæ- ласы миниуæг куы уаид, бæргæ, лæгмæ дæр. Фæлæ тулдз азæй-азмæ цас фидардæр, æндондæр зæнг кæны, адæймаг та уыйбæрц зæронды ’рдæм бутъро кæнын райдайы. Гъемæ, дæ урс сæрæй ма хынджылæг кæн, — зонд мæ фæдзæхсы. — Бакæс-ма йын йæ лæгмæ. Адæй- маг æй къаффетты бæсты аныхъуырдзæн. Кондджын, уынджы. Дуры хуылфæй дон ралæмардзæн. Æмæ кæд уый Цамайы æнкъарæнтæн дзуапп нæ дæтты, уæд ды, де змискалгæ, дæ ныфс цæмæты хæссыс. Чизоны, ацы сахат рыстзæрдæ у, тыхст, нæ фæразы лæджы рæ- хуыст ныхæстæн æмæ æнæмбаргæ æфсины дзæгъæл фидистæн дæр. Фæлæ кæцы паддзахы цард у «а» æмæ «о»-йæ. Æмæ бинонты цард та чысыл паддзахад у. сфæлтæрдзæн Цама дæр. Уæд æнцондæрæй сараздзæи йæ цард. Ды та йын цæмæй æвæрыс ныфс? Зæгъæм, баиу кодтат уæ цард. Цы уæм æнхъæлмæ кæсы хор* зæй? Мурдæр ницы. Ацæрдзыстут къуыри, мæй, афæдз дæр уæд, стæй дæм уæд тæхын райдайдзысты, Цама зæрдæхæлд цы æлгъыстаджы фыстæджытæй фæцис, уыдон. Æмæ æцæг мæгуыры бон дæуыл акæндзæн. Дьг уæд æгасæйдæр масты дзæкъул фестдзынæ. Æргом дæр дын бирæтæ бафидис кæндзысты æмæ сын цыдæ бон у? Дæхимидæг, хуылыдз кæлдымау, сыф-сыф кæн- дзынæ, æлгъитдзынæ дæ хъысмæты. Дæ хæстæджытæ,, 196
хиуæттæ, адæм зондзысты дæ уавæр, фæлæ дын сæ ни- чи батæригъæд кæндзæни. Уый нæ, фæлæ дыл бирæтæ сæ къах æркъуырдзысты. Зæгъдзысты, цæуыл хъуыды кодта сæрхъæн зæронд, куклайы хуызæн рæсугъд чыз- гимæ йæ цард куы сбаста, уæд. Цама дын загъта, лæмбынæгæй ахъуыды кæн, зæгъ- гæ. Æз дæр дын афтæ зæгъын. Дæ карæн адæймагæя рæдийыны бар нæй. Ма фæрæди ды дæр. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама! Цæй зын узæронд лæгæн хи лæмæгъдзинадыл сæттын. Уый, адæймаг удæ- гасæй табæты куы ныббыра, уымæй уæлдай нæу. Мæ дзуапп цæттæ у, Цама. Фæлæ, Отеллойау, тæрсын. Уый тарст, Дездемонæйы зынг куы ахуыссын кæнон, æмæ мæм фæсмон куы æрцæуа, уæд ма кæм ссардзынæн зæххыл Прометейы зынг, цæмæй йæ ногæй райгас кæ- нон, зæгъгæ. Æз та тæрсын дæ зæрдæйы хæрамдзина- дæй. Ды мын лæвæрдтай цард. Ныр мæм дæ амонд- хæссæг цæстытæй куы ракæсой тар мигътæ, уæд мыл дымгæ сисдзæн марой, арв мыл æнæвгъауæй калдзæн йæ цæссыг. — Турчы арæнмæ фæхæццæ кæнæм! — мæ хъуыды- тæ та мын фескъуыдта мæ кæстæр. Æз, æцæгдæр,-акас тæн мæ алыварс. Денджыз, цъæх-цъæхид денджыз. Былгæрæттæн сæ кой дæр нал ис. Æрмæст ма дардæй зынынц , æврæгъты сныхсæг хæхты цыргъ цъуппытæ кæм — ныллæг, кæм та бæрзонддæр æвæрдæй. Æгæр, æгæр адард стæм былгæронæй. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, бонраздæр мын Мыдтайы тыххæй дзырд- той йæ хæлæрттæ, йæ зæрдæйæ хъæрзаг у, зæгъгæ. Гъæй, зæронды бон ме сæфт куыд æрцыд, гъе. Мæ хорз кæсдæр йæ зæрдæйæ хъæрзы æмæ йæ æз та былгæро- нæй афтæ дард ранмæ ракодтон. Ныр мын, зæгъгæ, ам фæтыхст, уæд ын цы баххуыс кæнын мæ бон у? Æви æнæ- мæнг хъуамæ мæ худинаг ныхъхъæр уа æгас Ирыстоныл? Мæхи æнамонд сæр ма, зæгъæм, тæссаг уавæрты исты амæлттæй фервæзын кодтон, уæд мын нæ разагътайы лæгтæ афтæ нæ зæгъдзысты: Зæронд хъебре, æгайтма дæхи сæр фервæзын, кодтай, ныр Ирыстоны уæлкъуы- быр фæкæндзынæ. Цавæр лæппуйы бабын кодтай, уый зоныс? Ирыстоны фидæны ныфсы мæсыг, фæсивæды уарзон раздзог, йе ’гъдау, йæ лæгдзинадæй не ’ппæтæн дæр цæвиттойнаг чи уыд. Æбуалгъ, аххосгæнæг тæс- саг хъуыдытæй ныррызтæн æгасæйдæр. Исдуг андзыг дæн. Ферох мæ мæ уæнгты базмæлын кæнын дæр. Æмæ 197
сæ, æниу, цы змæлын кодтаин. Цы у, æцæгæйдæр, мæ цард ахæм æвæджиауы кæсдæры цур? Уый бабын, уæд,. уадз, æз дæр ныххуыдуг уон денджызы арф уылæнты. Уадз, мæ зæронд буар рæдувæнт фæйнæрдæм хырх- дæндаг æнæфсис кæсæгтæ. Цалдæр уысмы уылæнты аныгъуылдтæн. Фæлæ та ногæй диссаг. Æвиппайды мæ цыдæр ацахста æмæ мæ уылæнты сæрмæ сдавта. Мæ цæстытыл цы мигъ абадт чысыл раздæр, уый атад,. мæ хъустæ ацахстой Мыдтайы тарст хъæлæс: — Дæхи æвзæр хатыс, фарны хисдæр? — æмæ дзуап- мæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ мын ныфсытæ æвæрыныл фæцис. — Тæрсгæ ма кæн, æз дын ам нæ дæн. Ныртæккæ дæ былгæронмæ бахæццæ кæндзынæн. Æз æм мæ мигъæхгæд цæстытæй джихæй кæсын æмæ не ’ууæндын нæдæр мæ цæстытыл, нæдæр мæ хъустыл. Мæ цуры уыд Мыдта, хъæлдзæг, худæнæнгас, цардæфсæст. Цæй зæрдæрыст æмæ цæй цыдæр. Æга- сæйдæр хурæфсæст æвзист уылæнты йе ’ппæт буары цард абухта. — Мыдта дæ? О, стыр хуыцау, мæ царды мын йены- рæй стырдæр цин æмæ амонд никуы радтай,—ме ’ндзыг уавæрæй та мæ уæнгтæм раздæхт цард. Æмæ уалдзæг зæхх куы базмæлы, бæстæ митдон куы фесты æмæ цых- цырджытæй, къададæттæй ивылд Леуахи куыд равзæ- ры, афтæ та ме ’ппæт буары дæр базмæлыд цард. Къæх- ты бынæй сулæфыдтæн рогæй, æхсызгонæй бакастæн Мыдтамæ æмæ йын хъазгæмхасæн загътон: — Дæ хуызæн кæсдæртæ кæмæн ис, уыцы зæрæдтæй’ амæлын никæй бафæнддзæн. Цæрын фæнды мæн дæр æмæ ныууадзæм Турчы арæн йæхи адыл, уым нæ цæ- хæрцæст арæнхъахъхъæнджытæ фаг сты, фæлæ мах ссарæм нæ денджызбылгæрæттæ! — æз рогæй айвæзтон мæ уæнгтæ, кæд мын Мыдда æххуыс кæнынмæ хъавыд,, уæддæр æй æз нæ бауагътон. — Дæ тæккæ стырдæр^ æххуыс у, былгæронмæ дзæбæхæй, æнæниз, æнæмастæй кæй цæуæм, уый. Мыдта фалæмæ, ленккæнгæйæ, куыд цъыввыттытæ^ ласта, мæ алывæрсты, фæстæмæ здæхгæйæ, афтæ нал кодта, фæлæ мæм хæрз хæстæг цыд æмæ мæ рæстæгæй- рæстæгмæ хъавгæ фарста, мæхи куыд хатын, уымæй. Æвæццæгæн мын тарст ног фæдæлдонæй. Фæлæ йын абз алыхатт дæр, йæхиау, хъæлдзæгæй дзуапп лæвæрд- тон. — Цæй, цæмæй фæтарстæ, æви Гæтæджы фырт Сыр~ 198
дон Донбеттырты хæрæфырт нæ уыд? Фæндыд мæ>( уым та куыд цæрынц, уый базонын, — хъазыдтæн. Ныхас ныхасы сайдта æмæ, былгæронмæ куы æрба- ленк кодтам, уæддæр донæй нæма рахызтыстæм, фæлæ- дзы æрбадтыстæм астæумæйы онг. Мыдта мæм лæмбы- нæгæй каст æмæ каст. Æрæджиау йæ мидсагъæстæ; фергом кодта: — Тынг мæ фæтæрсын кодтай, Цæрай. Фæлæ нырг дæр нæма бамбæрстон, цы кодтай, уый. Былгæронмæ зæроид кæфы ленк фæкодтай. Буц, сæрыстыр’ дæ уыд- тæн, дæ кары уыйбæрц хъару кæмæ ис. Фæлæ уым цы кодтай, уым? — Уым цы кодтон, уый нæ зонын, фæлæ æз дæуимæ бахызтæн денджызмæ. Мæ дардвæндагыл дзы ногæш райгуырдтæн, фæстæмæ æрбаздæхтæн бынтондæр æн- дæр лæгæй. Афтæ мæм кæсы, цыма цы уæззау къæдз- мæдзытæ цардвæндагыл рацыдтæн, уымæй мын нырæй- фæстæмæ бирæ фенщшдæр уыдзæн цæрын. Æз дыууæ стыр фарсты алыг кодтон демæ леик кæнгæйæ. Æмæ уыдон та сты алы адæймаджы царды дæр тæккæ ахс- джиагдæр фарстытæ. Адæймаг цы алфæмблайы цæры,, уым хъуамæ йæхи хата барджын фысымæй. Æдзух æз, æз ма кæна, ма дома иннæтæй хъауджыдæр йæхицæн; уæлдай табутæ. — Дыккаг тн цы у? — æхсызгонæй мæ афарстаМыд- та. — Дыккаг та? — ферхæцыдтæн æз. — Дыккаг та... Цæй æндæр хатт дын æй зæгъдзынæн. Сыкъадзæфæй. Уæд не ’взагæн фылдæр бартæ фæдæттæм. Мыдтайы бацымыдис кодта ’дыккаг фарст тынгдæр æмæ мын æргомæй загъта: — Бахатыр кæн, Цæрай, фæлæ абон æз дæр ден- джызы1 райгуырдтæн ногæй. Абонæй рогдæр, амонд- джындæр мæхи никуы хатыдтæн. Абон æз дæн денджы- зы уылæнты уарзондзинадæй расыг. Гъе, уымæ гæсгæ мæ фæнды, иугæр ды адæймаджы царды тæккæ ахс- джиагдæрыл нымайыс дыккаг фарст дæр, уæд, цæйау акæнынц, хисдæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй: бафæрс. Хуыцау йæ зонæг, мæ царды мын цæйбæрц æх- хуыс фæуыдзæн, кæй алыг кодтай дæ мидхъуыдыты, дæ уыцы дыккаг фарст. — Уæдæ, бахатыр кæн, мæ фарны кæсдæр, фæлæ дыккаг фарст хауы гыццыл паддзахадмæ, ома, бинон- 199;
ты цардмæ. Арæх сымах дæр, ома, кæсдæртæ æмæ мах дæр, ома, хисдæртæ, нæ къухы цы амонд вæййы, уымæн аккаг аргъ кæнын нæ бафæразæм. Куыд фæзæгъынц, дæхи къухы чи ис, уый дын кæдæм ирвæзы. Гъе, уый охыл фæбæллæм искæй амондмæ, хатт дзы нæ хъуырмæ дæр аныгъуылæм. Æмæ уым фылдæр хатт амонд нæ разыны, фæлæ хъуынаæмбæрзт цъыфдзаст. Уый фæстæ ма бæргæ фæсмон фæкæнæм, нæ къухы^фыдтæ ма бæр- гæ фæхæрæм, фæлæ ма цафон? Кæрдзын куы асæттай, уæд нал баныхæсы. Мæ дыккаг фарст кæмæ хауы ком- коммæдæр, уымæн æй йæхицæн зæгъдзынæн хицæнæй, сусæгæй. Мæ х’&уыдыты та февзæрд Цама. Фæнды мæ, уый куы уаид амондджын. Уый, нæртон Сатанайау, йæ би- нонты цард бавæрынмæ куы сарæхсид. Цама, Цама, мæ удæнцой Цама!.. Гагра, август, 1978. Ма0^де2з^в0|%|[ 200
чиныджы ис: Суадон . , . . г . ♦ . „ а Фарны рухс ,,.*«.,. 53 Гыцци . , . , « 111 Цама , « . . . 171 Сергей Иванович Хачиров СВЕТ ЗАРИ (повести на осетинском языке) ЬдАдо о,з^5дЬ с)д ЬойоАспзо Редактор М. Р. Казиев. Художник Б. Н. Багаев. Художественныи редактор А. Д. Ванеев. Тсхнический редактор В. А. Тедеева. Кор- ректор Л. П. Дзагоева. Сдано в набор 8. VI 1983 г. Подписано к печати 20. XII 1983 г. Формат бумаги 84х108!/з2. Учет.-изд. л. 10,04. Усл.-печат. л. 10,5. Заказ типогр^ №1626. Тираж 2000 экз. ЭТ 00225. Цена 95 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвал, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое пронзводственное объединение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвал, ул. Московская, 5. М —622.