Текст
                    МАХ
г
ДУ
Сæйраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЫ Гæстæн
ГУСАЛТЫ Барис (бæрнон
секретарь)
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАИТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
2-3'94
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРБЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
1АША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. редактор Кодзырты Жаннæ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 1994


НОМЫРЫ ИС: Цæрукъаты Алыксандр. Царды комулæфт. Æмдзæвгæтæ . 3 Булкъаты Михал Тутыр. Уацауæй скъуыддзæгтæ . 13 Уалыты Лаврент. Артдзæсты зынг. Æмдзæвгæтæ . . 68 Айларты Изманл. Мамысоны æфцæгыл. Роман ... 73 Хæмыцаты Юрий. Якутаг тетрадæй. Æмдзæвгæтæ . . 127 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Æнæгуырд чызг. Аргъау . 134 Цæрукъаты Таймураз. Сатирикон рæнхъытæ . . . 142 ПУБЛИЦИСТИКÆ Гæздæнты Валентннæ. Уæздандзинад æмæ лæгдзинад , 145 ХУДЫНДЗÆГ Сидæмонты Æ 155 Фыстæг редакцимæ (Æгъуызарты Æхсарбег) 157 Учредители: СП РСО и коллектив редакции Сдано в набор 13.02.94, Подгшсано к печати 10.04.94. Формат бУ- маги 60x84716- Бум. тип. № 3. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 7,85. Учетно-пзд. листов 8,44. Тираж 1100 экз. Заказ № 548. Адрес редакции: 362*040, г. Владикавказ, пр. Мнра, 25. Телефо- ны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журн. типография Госкомитета РСО по делам изда- тельств, полиграфии и книжной торговли. 362015, г. Владикав- каз, пр. Коста, 11. © Мах дуг № 2-3, 1994.
ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр ЦАРДЫ КОМУЛÆФТ * * # Алы уысмыл — ног æнкъарæн, Уды хатæнтыл — æмхæц. Нæй сæ авналæитæн арæн, Нæй сæ ивæнтæн нымæц: Артæй ихдзæндмæ — æппаргæ, Арвæй хаугæйæ — дæлдзæх; Стыр хъаймæты къæвда — уаргæ, Куы — са^фтæг къæристæ зæхх... Тыгъд — мæ тыхы ас æвдисæг, Рæстæг — ме ’вæллай æфсургъ; Фестын стъалытæ фæлдисæг, Схойæг, уромæг сæ дугъ. Цъуппыл иугуыры бæсты дæр Суадзæг йе ’ппæт хъару, зонд Дунты-дунейы бæстысæр — Урс къæлæтджыныл бæрзонд!.. Уыцы мидуаг мын — хæрзчысыл, Иунæг цъусдуджы фæтæпп: Цыма денджызы æргъ-чысыл, Раст, лæхъуг айкау — мæ тъæпп! Налдæр змисгага, тыччы-дур, Налдæр иу æртахваг дон. Кæнæ — ницыйы рыджы мур, Уайтагъд айсæфыи бынтон... 3
Давæрдæр лыстæг чырæджы—-■, Царды комулæфт кæм и, Ахæм! базмæлгæ гуырæджы Сцъаппы райдзæгъдын мæхи... Алы буаргъæды пырхæнтыл, Хъизæмаргæнгæ, уæдмæ, Рухсмæ сцæйтындзæг ’къæпхæнтыл Зилгæ сæккуырсын хæрдмæ: Кæм — цыппæрвадон хъæддаг сырд, Кæм — гуыбындзармыл лæсæг, Бихъа — срæцугъæг фыццаг дзырд — Къухы дур-фæрæт хæссæг; Зынг мылаз лæгæты ссудзæг, Скæнæг уадындз, цалх, гæркъа, Мæйы чи фенхъæлы хъусдзæг, Ссыр, йе кувыны сыкъа. Афтæ бадзæгъ-дзæгъ лас хатгай Рохгонд аргъуаиы мырау, Дард æидæр æнусты райдай Стыфын истæйы бырау. Цыма абоны уæлдымты Фарон райсомыл бæттын... Талынг фидæны фæскъуымты Æз мæгуыргурæй хæтып... Алы уысмыл — иог æнкъарæн, Уды ивæнтыл — æмхæц. Нæй сæ фæлхъæзæнтæн арæн, Нæй, нымайгæйæ, нымæц. 28.1У.92 ДЗЕНКЪОРДЗУАН Мæ сыхаг — Гигаци... Дзенкъордзуан уыдыстæм... Хъуызæгау изæрæй Нæхимæ цыдыстæм.
Уыд мс’мбалмæ рифтаг, Æмпъызт хызын — ме ’ккой. Гæрзифтонг гæстæ пæ Тымыгъы нæ федтой, Тæрхон иын æндæра — Фæйнæ фондз-дæс азы! Тындзыдтам дыууæйæ, Зыр-зыргæнгæ, тасы... Нартхор æфснайæнты Цы цъæмæл æфсиртæ Æнæ тындæй ферох — Зылынтæ, гæлиртæ. Æруидзыны бæсты Уадз, >мæрыл æфтийæнт, Исчи дзы мур сиса — Фæлтау, дам, нымбийæнт!.. Сыхаг хъæумæ не ’ргом — Фæдсафынæн барæй. Цырагъы рухс калди Уым алы хæдзарæй. Сæ рудзгуытыл — ихцъар: Уый — дон-тылф ныссалди. Сыгъдæг авг дзы — иуыл,— Йæ халас æртади. Стæвд мидæгæй, бахъарм Йæ агъуыст кæмæндæр. Уырны мæ: сæ уæларт — Фæрныджы æхсæвæр: Хъæдуртæ, дзæрнатæ, Нас, чи зоны, хъуамæ; Картофтæ æд агъуд, Кæнæ та хæлтъамæ. «Гъей, ракæсут!» — бадзур, Тæхуды, цæмæй сæм, Сæ пецмæ хи тавгæ, Чысылгай æртæфсæм. 5
Сæ лæппу, сæ чшгæн Æлщъарын сæ ципаг: Сæ уроктæ скодтой, Сæ фысгæ хынцинаг. Ньгмайынц æхцонæй Хæдзармæ куыстытæ — Къæр-къæрæй фæдфæдыл Кьостайы фыстытæ. Сæ ныййарджытæ сын Дзидза, дзул æркарстой. Мæ фыды мæнæы та Сыбырмæ фæхастой. Нызæрстой йæ къусы Рыг, марджы ссад уымæн,— Уый — хорз амал, «хос» у Рæстæгты цæгъдынæн. Дзыпкъах уркæтимæ Æназымты дарынц. Уыдон та сæ дуртæй, Стæй финкæтæй марынц... Куыд афтыдтæн ахæм Æнтъыснæг хъуыдыты, Цыма раст æнæрай Фыдохаг фыдфынты — Уæллаг фисынæй нæм Æндæргау æрбазыпд Лæгахсæн машинæ, Цыппæрдзæлхыг «сау сыит». Дæлæрдæм æртахти. Фæласдзæн кæйдæрты — «Уæллæгтæи» сæ дзырдæй Хуыздæрæй хуыздæрты! Æлгъысты га<кк, дамгъæ — Æнаххос бинонтыл. Кæудзысты мæи хуызæн ÆвзЪнджы сæфт боптыл...
0, диссæгты диссаг! — Æрбатар Гигаци. Мæ фарсмæ куы хылди, Цымæ уæд цы ’рбаци! Йæ хо ам кæй цæры — Чысыл раздæр загъта, Ныддымдта фæлитой, Мæн уынджы фæуагъта.., Фæлдзæгъдгæ мит’уары ’ Сæумæйæ гъенырмæ. Мæ къахы фæд рахызт Быгъдæг урс быдырмæ, Æндæр мæт: фæцух дæй Мæ ахуырæй абон. Уæрагмæ. хъæпæны Хъæллæгътæ фæкъахтон. Кæсæджы æмарæн — Нæ хуымтæ Сылтаныхъ. Бæстоп иæ æмбæхстой Йæ пыхсбын, йæ арыхъ. Таг аззад мæ фæстæ, Ис фалдæр ма иу æрх. Цæй марой, цы ниуы? —’ Æвæццæгæн, бирæгъ. Рынчын мад, кæстæртæ Кæсынц мæм æнхъæлмæ. Фæхæццæ дæн, тобæ, Амæлттæй нæ хъæумæ! Нæ Гараппæн хатын Йæ рæйын, йæ хъæлæс, Уынгæджы хъыллистау, Фæдисы хъæрæнгæс. Зæнг бандзыг, хъус басыд, Мæ уæларм ныскъуыдтæ... Цы уыдзæн нæ фынгыл? — Къæйарыд цæкуытæ!.. 7
Хæрдзæн дзы нæ гæды, Хæлæфæй *— нæ куыдз’дæр. |Кæм ма сын, кæм, карчы , Тынд къубаЛ, лæгуын сæр?!. Æрæнцой Мæ^зæрдæ, ФæдæЛдзæх мæ удха’р — Куы разылдтон ричъи, Куы фегок нæ кулдуар! 8.1У.92 / . . ЧЫСЫЛ «СОКРАТ» Уынджы — окъоладзау кæстæртæ... Хистæр алы иог хабæрттæ Газеттæй, æвзаргæ, каст. Æмæ бацайдагъ хыицфарст... — Дур æрхауд нæ фæзмæ. арвæй, Гомбыгъд космосæн йæ арфæй,— Кæм — цъæх хъулæттæ,— кæм — сау, Айчы йас, фæлæ уæззау. — Уым цы агуырдта бæрзæндты? — Тахти мигъæй мæйы /хсæнты, Стæй йæ раскъæфта нæ зæхх. — Раскъæфта? Цы ’гъдауæй? — зæгъ! — Дуне — цъупдзаг стыр зынджытæй,, Алырдæм цæхæр цæгъдджытæй — Хур уа, стъалытыдзыгуыр, Ихсыг, згъæры схъистæ, хуыр. Иу дзы иннæйы æлвасы, Хицæй ссоны, химæ ласы,— Уый — æрвон цалх зилæг къух„ Уый — йæ уромæг æдзух. Ис «Æрфæны фæд» сæ «симды», Бирæ «бардз-хотæ», ’сæ иуты Мах уынæм æхсæв æрмæст, Се ’ппæты нæ ахсы цæст...' Дзурынц: ацы тыгъд — æгæрон, Нæу бæрæг йæ сæр, йæ кæрон. Афтæ рæстæг дæр — æбæрц, Кæд æнусои буаргъæд — æрдз. _ дуне _ ахæм? Чи — йæ кæнæг?
— йсчи’ — иæ, фæлæ — йæхæд&г! — Сфæлдыста йæхи?,Куыдæй? , — Уымæн дзуапп мæ армы нæй. •—'’Хъавын, хъавын та фæрсынмæ: У æндæр арæзт цæуыпнæ? — Ацы хуызы сси кæддæр... ^—Ау, цæмæ гæсгæ.уæддæр? — Иу ,«цы» ипнæмæн — йæ гуырæн, Аннæйы мысан — зын къуырæн, Арфдæр уый бындзар — ныгæд, Сусæг сусæгæн — ныккæнд... Уыцы ’лхыпцъ суйтæ нæ зонын, Æз цы зонын — фаг нæ хонын... Дарддæр искæмæ æрхат, Ды, æхсæзаздзыд «Сократ!» 24.1У.92 КÆДДÆРА ÆГОМЫГ ЦЫ ЗÆГЪИД Æхполæтты Мæцыхъойæн Ивгъуыды замантæм арæх мæн ахæссы ,фын: Рагæтты фарнæлдæвд уырдыгæй ардæм фæхъары. Номдзыд философты хъæлдзæгæ^ бадгæ уыны’н Бæлæсты сатæджы хибар цæлгæнæн хæдзары. Лопъо, лæгуыпсæрт^е, рихы — хæмпæлсуй, фæсал, Стад сæны быркуытæ, халсартæ фынгыл — сæ минас. Алкæмæн барвæндæй: баназа къоппатæй цал, Бахæра хæлцæй, йæ гуыбын нылвасгæйæ, чи цас. Фæлæ сæйрагдæр та: расидын исты быцæу, Райдзæгъдын балцы кæмдæрты цы уыдтой, цы хъуыстой. Ахæм æгъдау сын фыдæй-фыртмæ аппаргæ нæу, Амæйр1 размæ дæр афтæ сæ бонтæ æрвыстой. Исты æлхынцъ фарст сæ разы æвæрдтой фæткæн: Рæстæг цы у кæпæ гом Тыгъд, зынгæбуар Æрдзвæлгрнц? Сæргом уа — ахсыпц цæйбæрц арф, цæйбæрц дард лæгæн Йе ’иæфсис арт-хъуыды, мид-зынгыл судзгæ тæлфгæ монц... Сидтытæ сурынц кæрæдзи... Æртæ уал, цыппар... Д’зуры Милетаг Фалес уæд: — «Мæ уарзон хæлæрттæ, Айфыццаг райстам æмкъайонтæ: бонрухс — мæйдар, Тæвд æмæ уазал, мæлæтимæ цард^стæй æндæртæ... 9
Фидар баст иугонд — пыхмаевæрд, фæхицæн сыи пæй, Дунейы скопды æмбындур, æмуидаг, æмхæст билцъ. Ног рард хынцинаг уын — ласгæ æппæты бынæй: Цардæи цы хъуамæ — йæ нысап, цы хорзмæ — пæ бæллиц?» — «Алкæмæн — хицæн гакк, тасхæ,— зæгъы Эпикур,— Алчи йæхæдæг йæхи ’взæрст цæуæнтыл — фæндараст! Райсом, æнæмæнг, бынтондæр ныгуылдзæн мæ хур — Уымæн у абоп мæ тæлæн æхцонмæ тылаваст. Ссарæн сæпы фæрцы рагои æцæгдзинад ис, Иемæ — сылыстæджы узæлгæ хъазæн нымд митæ. Дары мæм дзагæй йæ куыси æдзух Дионис, Змæлы мæ хъæбысы пухцонг бæгънæг Афродитæ. Ивгъуигæ цъусдуг мын хаттæй-хатт ахсын куымдта: Хуыссæны тадтæн йæ фарсмæ æнæрцæф рæсугъдæн... Чидæр мæрдты бæстæй раздæхт æмæ, дам, дзырдта: Федтон Ахиллы — уый схицау æндæргон мæпг удтæи. Скуыдта: мæн дзæгъæлы сфæлдыста иунæг Хуыцау. Касти мæ адзал мæм рагæппæввонгæй кæцæйдæр. Амыты, дзæнæты, паддзах уæвыны фæлтау, Оххай, куы хæтин уæлæуыл æххормаг куыдзæй дæр». — «Дæс æмæ ссæдз азы, бердзентæ, уемæ цæрын,^— Сыстади раджы æрæфтæг уый скиф Анахарсис,—, Хъусгæ æрцыдтæн æз: ахæмты айсы фыдрын — Не ’икъары, никæд, кæй уæцъæф, æууилгæйæ, ба-фсис».— Ацы ныкъæрцц ын æнæбары рауади карз, Фæлæ йæм ’цалдæрæн ссыди сæ хи-хи,— сæ кæлчкæл, «Де ’взаг, дæ гуыбын, дæ зæбул, мæ лымæн, фæраз ’ Уромын,— ма суай æппæтæн æгадæй фыдуæнгæл».— Этрускты цыртытыл бакастæн ацы фæдзæхст, Сси мын уæдæй нырмæ амонæг,— раздзу, цæвиттон. Айдагъ йæ уындæй бæрæчетæн — алкæд æфсæст, Ботты цæхæрыл къæртайæ-иу ауадзын их дон. Схызти уæ уазæг Парнасы уæлхох рындзмæ ам... Ф^æлæ уæ цагъарты тухи — мæ зынты фыддæр зын. Зæрдæтæп сæфтон сæ фыдæх, сæ маргхæсс хæрам, Зилы мæ фæдыл титан Прометейæн йæ хъæрзын!» 10
— «Хорзæй-дзæбæхæй дæ къопа, дæ адæмы феи»,— Ракодта арфæ Фалсс дæр фæс-Понты бæстагæи. — «Иу дзырд æрмæстдæр,— уый сдардта йæ "къух Диоген,— • Уе ’мбырдтæм арæх пæ хауын фæстагмæ, хъыгагæн. Хохы цъасс, мусоиг, кæм раппаргæ боцкъа — мæ къуым, Кæрдæг — мæ хæринаг; лæнчы — лыстæг сырдтæ, цъиутæ. Арв мыл йæ гауыз æхсæвыгон расхойы уым, Стъалытæ райдайынц калын сæ алы уыциутæ. Райгæ сæуивæнтыл, хуры зæриныл — мæ цин, Къухы — къæдз лæдзæг, бæгъæввад, мæ фарсыл та — чъисса. Мин азы афтæмæй рæгъты лæзгъæртыл цæуин, Къахы зæвæт мыи цыргъ сындзытыл, къæйтыл куыд рисса. Уды сыгъдæгæн дзы никæм — æмбал кæнæ аргъ, Уыцы хæзиайы нæ фæдарæм мисхалмæ, цъусмæ. Райсин-иу боныгон мемæ цъырынга цырагъ, Агурипадæймаг, алкæй фæрсгæйæ, йæ рухсмæ...» — «Бадыс дæхицæп къуырмайау æндзыгæй æнцад, Иу ныхас баппар!» — Солонырдæм чидæртæ хатынц. — «Ничима равзæрста, уастæн: цы у, уæдæ, цард. Уымæн йæ нысан дæр алырдæм, вазгæ, фæлхатынц.— Райдыдта зивæггæпæгау афинаг зæронд,— Сагъæссаг уый вæййы: раст зынынц иугуырдæр уыдоп. Ницы кæрдынхъодо — ныртæккæ цæхгæрæй мæ зонд, Фæлæ мæхицæй дæсныдæры мемæ æрхуыдтон. Багъæцут иучысыл,— фенын уæ бафæнда кæд,—» Æмæ æрбаци гуыбыр-гуыбыр уайтагъд æддæдуар. Тыргътæй куы ’рбаздæхт — æрæвæрдта уаты фæсвæд Тслæй лæдзæгмæ куырмбæс’тытæй стæгдар! Згæ кард йæ уæлæ гæрзып босæй — ауыгъд, æфтыд, Худти йæ дæпдæгтæй, цæстытæ — афтид лæгæттæ. — «Ацы рæдзæгъд мæм Мысырæй лæварæн æрцыд, Чи у, цырдыгон, цы денджызтæ сгæрста, цы рæттæ? Рагон хæстон кæд? Мæгуыры фæллоймæ бырсæг? Кæнæ та дунетæ байсынмæ хъавæг хъайтарæй? Стыр фараои æви арвмæ фæсизæр кæсæг, Р1е та бæрæггæнæг — алцы куыд рантыст, цы ’взарæй?
Йе ’рхæссæг амыдта: «Амæ рæетæггай-иу кæс, Сæвæр æй — дымгæ кæм уадзы йæ футты уылæптæ. Хъусдзыиæ хъамбулты, астæуыстæджы «къæс-къæс Ирдгæ йыи хойдзæн йæ хырыз фæрсчытыл йæ уæнтæ». Ноджы ма бафтыдта: «Йе ’нæвзаг сыф-сыф уыдзæн Дуджы цытджынты цыфæиды тæрхонхастæй карздæр». Уе ’ргом æм, разилут, раздахут — дзуадп уын дæтдзæн *-* Чи йæ цæмæй фæрса -^ алкæй лæхурыитæй растдæр., Баззади иу сфшгкс Хеопсы рыгзæххыл дзæгъæл, Дыккаг—уæ уæлхъус;чйæ хъуьгна кæм—бур, кæм цъæх-цъæхид. Чи ссара амæн йæ сусæгдзинæдтæм дæгъæл — Хъусæд лæмбынæг, кæддæра-æгомыг цы зæгъид». Бакъуырдта тутт сæрæн дурæй афинаг йæ фахс,— Загъта,— кæд сфæлгъауин амæй уæхи цур фыццаг дзырд. Стджыты дзыгъал-мыгъул бадджыты бауагъта тас, Иу хъыпп-еыпп — ничиуал, фынгыл сæ улæфын на^ цыд. 6ЛП1.92. *■ 12
БУЛКЪАТЫ Михал Тутыр Уацауæй скъуыддзæгтæ Мæхи чысыл Алан æмæ Джиуæрæн 1. ХАТУ, ÆФ ÆМÆ ÆМ Сусæны мæй йæ зынгхуыз бæхы раскъæр-баскъæр код- та Ирыстоны хæхты æмæ быдырты. Арвы кæрæттæп сæ тæф калдис. Цъыр-цъырæгтæ хуссæртты тулдз бæ- лæсты цъæх сыфтæрты бын аныгъуылдысты. Сæ хъисфæндыр- • тæ сифтыгътой. Цъыр-цъырæгтæ сæхæдæг нæ зындысты, фæлæ сæ цагъды ризгæ зæлтæ арвыл ныдзæвыдысты. Хату каратэйы ахуыртæй раздæхт. Æф æмæ Æм йæ фæдыл фæцæйцыдысты лæнк-лæнкгæнгæ. Лæппу фæстæмæ фæкаст æмæ бахудт; «Æнтæф уын уе ’взæгтæ æрласын кодта? Афтæ уын хъæуы! Хæдзары-иу куы баззаиккат, уæд хурмæ нæ дзæгæрæг кæниккат? Цой Бан’ ахуыртæ изæрæй сихормæ æнæхъуаджы нæ ранвта. Ома уыи ам сабиты цæхæрадон нæу. Каратэйы сусæг- дзинæдтимæ хуымгæрдæиы хуры судзаг дæр бавзарут!» Уыд фæссихæрттæ. Сæ къæхты бын асфальт мыдадзау та- сыд. Æф æмæ Æм сæ сырх-сырхид æвзæгтæ æрластой. Хату сæ разæй цыди. Цыма йын тæвд уæлдæф йæ улæфæнтæ нæ арыдта. ,Бæстыха»йы аууонмæ тыххæйты баирвæзтысты. Куыд- дæр хæдзары дуарæй мидæмæ бахызтысты, афтæ къæбицы сми- дæг сты. Сæ хæрын афои 1æрцыд æмæ исты хъуамæ самал кодтаи’ккой. — Æф, дæ сæт паркетыл мауал кал! Ам уый бæрц æнтæф нал у! — Ни-и-и-æ-æ-æ-м-м-м!— Æф йæ хуылыдз былтæ асдæрдта, ома, мæ уд куы схауы, уæд куыниæ у тæвд. — Æм, дæлгоммæ цы ныффæлдæхтæ? Цой Баны разæй сæр- бихъуырæйттæгæпгæ ды тахтæ æви æз? — У-у-у! —Æм фестад æмæ йæ дымæгыл’абадт. Хатуйыл цæуы дыууадæс азы. Æф æмæ Æмыл та цæуы фæй нæ цыппар азы. Иу мады зæпæг стьг уыдоп, фæлæ сæ Хату хо V
ны йæ хо æмæ йе ’фсымæр. Се ’ртæйæ иу адæймаг кæй у æмæ дыууæйæ та куыйтæ, уый ницы давы. Кæрæдзийы æвзаг æмба- рынц тынг хорз. Сæ хæлардзинады къæм пикуы фæзынд. Кæд хатт кæрæдзи фæхъыг кæнынц, уæддæр та бафидауынц. Хату се ’ртæйæн цы æвзаг æрхъуыды кодта, ууыл адджып ныхас фæ- кæнынц. Иумæ фæхъазынц. Лæппу куы фæрæдийы, уæд Æф æмæ Æмæй хатыр ракуры. Æф æмæ Æм сæ куыдзы æгъдауы сæрты куы ахизынц, уæд сын бауайдзæф кæны. Хæларзæрдæйæ сæ бафхæры æ^мæ та сæ барæвдауы. • Хатуйы фыд Уасо милицæйы булкъон у. Уасо хатт йæ куыс- тæй хæдзармæ ие ’рбацæуы. Ахæ^м замапты Хату хæдзары хи—- цау дæр йæхæдæг вæййы æмæ æфсин дæр. Мад ын иæй æмæ хæринаг фæкæны йæхæдæг. Æф æмæ Æмыл аудын дæр æрхауы йæхимæ. Хату цыппар азы дæргъы куыдзы ахастыты сусæгдзипæдтæ райхæлдта. Ие ’взаг дæр ын базыдта. Æф æмæ Æмы ныхас-иу дзырд’æй кæм фæцух,, уым-иу æй йæхæдæг баххæст <кодта. Æр- мæст иу фарстæн райхалыиы амал пе ссардта. Йæхæдæг Æгъуы- затæй куы у æмæ йын мыггаг куы ис, уæд куыдзæн цæуыинæ ис мыггаг? Адæймаг æй цы мыггагæй схоиы, уымæй иæ^зæгъы. Сæхæдæг сæхиуыл цы куыдзы мыггæгтæ сæвæрыпц, уыдоиæй зæгъы. Дзырдæн: «Хъусойтæ», «Дзæмбойтæ», «Къахойтæ», «Дæндагойтæ», «Гуыбынойтæ», «Уæрагойтæ», «Цæстойтæ», «Къæдзилойтæ»... Хату раджы кæддæр Æф æмæ Æмы афарста. Уыдон сæ сæртæ фæхъил кодтой. Стæй сæ фæсхъустæ сæ фæс- таг къæхтæй аныхтой: «Æ-æм-м-м-æ-æ-æ! Мыггаг зæгъыс, Ха (Хатуйы цыбырæй «Ха» хуыдтой)? Æм-м-м-æ-æ-æ! Уа (Уасойы та хоныпц «Уа») дын куы загъта. Æф æмæ Æм Пойтæ (ома, пойнтертæ) сты, зæгъгæ!» «Нæ, уыцы мыггагæй уæ пæ фæрсып. Уый уæ адæймæгтæ схуыдтой афтæ. Сымахæн та йс уæхи, мыг- гаг. Уæхи куыдзы тугæй рацæугæ мыггаг!» Нæй, нæ йæ бам- бæрстой Æф æмæ Æм. Хатуйæ айрох и сихор хæрып. Æф æмæ Æм сæ къæдзилтыл абадтысты фæрсæй-фæрстæм. Лæппуйы цармæ æдзыпæг кæсгæ куы ауыдтой, уæд Æф йæ ком аивæзта: — Хъи-и-и-мнæ-мнæ-мнæ! Мæ тъæигтыл арт сирзæзт!.. — Гъыгъ-гъ-гъ! Ха, царыл гора бындз1 ауыдтай? Фæкъæпп кæнынмæ йæм хъавыс? Цæмæ йæм кæсыс? — загъта Æм. Хату сæм йæ хъус куынæ ’рдардта, уæд сæ «æмттæ аивæзтой æхцоиæй. Сæ былтæ асдæрдтой. Лæппу сæ разы йæ зопгуытыл йæхи æруагъта. Иæ маймулины даргъ цæнгтæ (каратэ йын сæ 1 Гора бындз — галы быпдз, стыр бындз. 14
ныддаргъ кодта!), мæцъистау, астæрдмæ фæцарæзта. Йæ гуыры æвæрд куыдзы хуызæн акодта, ацамыдта сын: — Уæ куыдзы уæздандзипады сæрты ма ахизут! Мæнмæ кæ- сут! Уæхи дарут адæймагау. Цуайпагæй алюмип къустæм рауагъта сылы, нартхоры ссад æмæ дзидзайæ коид кас. Æф æмæ Æмæн сæ хæйттæ сæ разы авæрдта. Йæхицæн та хрусталь агуывзæйы фæткъуы æмæ ли- моны лæмарæн æркодта. Афтæ,йын бацамыдта Цой Бан. Дыр- гъы доны йеддæмæ дам дæ дзыхмæ мацы схæсс. Фыпджы фарс- мæ æрбадт. Дон йæ дзыхмæ нæма схаста, афтæмæй Æф йæ хол- лагæй адджып хуыллыип скодта. Йæ кæфой былтæ-иу куы сцъæм-цъæм кодта, уæд-иу йæ сæр батылдта. Касæн йæ иу хай ахордта, инпæмæй пъолмæ æркалд. Æм Хатумæ аххосджыиау скаст. Мысты цъæхснаг цъыс-цъыс суагъта йæ хъæлæсæй. Фыр- мондагæй йæ комыдæттæ æруадысты. Йæ къусмæ нæ февпæлд- та уæддæр. — Гъы-ы-ы-гъ-гъ-гъ! Ха нæма акъæфта. Æф йæ разæй акъæфта. Æф йæ куыдзы фæтк фесæфта. Æф йæ гуыбыны ком- мæ бакаст! Гъы-ы-ы-гъ-гъ-гъ!—Æмæн йæ сæт йæ хъæлæсы спæлхъ-пæлхъ кодта. Хату рамæсты и. Чысылæй фæстæмæ Æф æмæ Æмæн хæ- рыпы æгъдау амопы. Уыдон та сæ куыдзы ахуыр нæ уадзыпц. Йæ бапдои фæуагъта. Æфы уæлхъус алæууыд. Иæ цæстытæм ын комкоммæ ныккаст. — Æф, о, Æф! Æм раст зæгъы. Æз дæуæй аст азы хнстæр дæн, фæлæ мæнмæ нæ фæлæууыдтæ. Бирæгъау фæлæбурдтай. Цыма айфыццаг мæймæ куы куьгвтай, уæдæй нырмæ ницы акъæфтай. Пуй, куыдзы хуызæн куыдз никуы суыдзынæ. Иу- ахæмы нæ дыууæ Æмы дæ гуыбыныл ауæй кæндзыпæ! — Хъи-и-и-мпæ-миæ-мпæ! Мæ афтид тъæнгтæ ссыгъдысты. Лæджы фæтк мæ айрох и. Хъи-и-п! — Æф йæ амæст мукъутæ пе стыр дзæмбытыл авæрдта. — Цæй лæджы фæткыл дзурыс, Æф? Дæ куыдзы фæтк дæр куы .счъизи кодтап, уæд? Дæ зопд акъæфтай, лæппу? — Хату йæ къух ауыгъта мæстыйæ. — Гуф-гуф! Гуф! — бамæсты и Æм. Хату уайтагъд бамбары йæ хæлæртты алы амынд. Æф æмæ Æм сæ фæндоп фæзæгъыпц се уæигты базмæлдæй. Сæ къæдзнл- ты къæлæсытæй. Йæ цæсты раз схъомыл сты. Сæ алы мыр, сæ алы нысан сын уайтагъд адæймаджы æвзагмæ ратæлмац кæны. Сæ пыхас сын фыссæм, Хату йæ адæнмаджы æвзагмæ куыд рацарæзта, афтæ. Иæхæдæг дæр хатт фæдисы рæйд скæпы. Мæстынæ бахъырны. Æптъыснæгæй бапиуы. Рæдауæй бахъыс- 15
хъыс кæны. Æрхæидæгæй багуым-гуым кæны. Йæ хъæлæсæй тæригъæддаг лыстæг цъыс-цъыс суадзы. Йæ цыппæртыл алæу- уы æмæ ацамоны, сурынмæ уæхи бацæттæ кæнут, зæгъгæ. Йæ дымæг батилы æмæ афæрсы, алæма, цæуыл дам хыл кæнут. зæгъгæ. Дæрзæг ныррыхы æмæ йæ* масты пырх акалы. Фæ- сус хъæлæсæйбахъырны, ома уый цытæ кæнут. Шæхт фæгæмæл кæны æмæ ацамоны, æрныгъуылут, ныртэеккæ1 ньш хæст сама- йыны фадат нæй, зæгъгæ. Йе ’взаг раласы, ома тæвды мæ уд схауы. Зæххыл атъæпæн вæййы. Уæлгоммæ атулы, ома д’ын мæ риуыл фæндаг. Иæ цыппæртæй зæхх акъахы,— кæд лæг дæ, уæд ма лæгæй-лæгмæ рацу, зæгъгæ. Æф æмæ Æммæ æрысмыс- тытæ кæны: уемæ æцæгæлои тæф куы æрбахастат,4 >уæд кæм уыдыстут. Æф æмæ Æм ахæм хуызы ныхас кодтой йемæ. Иæхи- цæн дæр æндæр амал иæ уыд.'Кæннод ьги йæ пыхас нæ бам- бæрстаиккой. Иу хатт дæргъæццон къалатийы сихоры хæринæгтæ иывæрд- та. Æмы хъуырыл æй æрцауыгъта æмæ Æфæн бафæдзæхста: — Æф, къалати хæссынæн тых хъæуы Хъахъæнынæн, та хъæуы нæлыстæджы хъæбатырдзинад. Æм чызг у æмæ йæ фæ- дыл цу, афтæмæй йæ хъахъæн. — Уф! Уф! Уф! Кæуылты йæ акæнон? — Æф йæхи фæхъан- дзал кодта. . ’ ^ — Ардыгæй лæппу æмæ хъазы опг (горæты уыд ахæм цырт!) комкоммæ ацæут. Уым.рахизæрдæм куы фездæхат, уæд уыыджы кæрон ссардзыстут Уайы куыстуат. — Мнйæ-мнйæ-мнйæ! Акъæфипæгтæ уым фæуадзæм? — Æм йæ сау цæстытæ ныццавта Хатумæ. — Нæ, Æм, акъæфинæгтæ хъуамæ радтат Уайы къухмæ. — Æмæ-иу фæстæмæ ратъæбæртт кæнæм? — Нæ, уайтагъд-иу ма ратъæбæртт кæпут. Хæрииæгтæ куы акъæфа, нæм-нæм-нæм; уæд-иу ын йæ уæлдæйттæ къалатипы рахæссут фæстæмæ. — Уф! !УфГУф! Æмæ сæ фæндагыл акъæфæм? — Æф ныц- цин кодта. — Нæ, Æф, фæндагыл сæ ма акъæфут! Уый худинаг у, ху- динаг. Мæ хъуыды мын бамбæрстат? — Хъуыды та цы у? — Æф фæджихау. — Хъуыды куыдзæн йæ гуыбыны ис, йæ зæрдæйы, æви йае хъандзал дадзинты мидæг? —Æм йæ хъустæ фæхъил кодта. Хату сып бирæ фæцамыдта, хъуыды цы у, уый. Нæ йæ бам- бæрстой æмæ сæ арвыста. Стæй йæхинымæры загъта: «Æвæц- цæгæп, куыйтæ хъуыды пæ кæпыпц. Куыд кæсып, афтæмæй уЫ- 16
дои цæрыиц зæрдæйы амынд, ’гуыбыны домæн æмæ хъандзал дадзинты артæй... Д,е смудæитæ’ дæ адджып акъæфппагыл ацардыдтой, зæгъгæ, уæд дæ зæрдæйы амыиды коммæ бакæс! Дæ хъандзал дадзинты мондаджы арт суадз æмæ дæ гуыбыны домæн сæххæст кæн! Исчи дæ смæсты кодта æмæ дæ туг ауа- зал? Гъе, уæддæр та дæ æрнæг зæрдæйы коммæ бакæс/æмæ дæ маст байсыСып кæп! Куыдз цæры гуыбыпы домæн æмæ æрпæг зæрдæйы хæлардзинадæй. Уыдæттæп та хъуыды пицæмæп хъæ- уы. Æрпæг зæрдæйы амыпд сыи фаг у!» Хату Æфы фæсмоныл пæ фæгуырысхо и. Уый мæнг ныхас ннкуы суадзы йæ дзыхæй. Фæлæ йып бауайдзæф кодта: — Æ’ф; о, Æф, дæ хай-хуыйау цæмæн хуыллыцп кп*ч1ыс? Куыдзау дæ уæздаи сдæрып ферох п? — Гъы-ы-ы-ы-гъ-гъ-гъ! Гъ-ы-ы-ы-гъ-гъ-гъ! Нæ куыдзы мьгг- г’аг нын худинаг кæны! — Æм йе ’фсымæры фæрæхуыста. — Хъ-æ-æ-æ-гъ-гъ-гъ! —Æф йæ хъæлæсæй мæстæйдзаг мыр- тæ суагъта.— Дæ рæйæи æрыхгæп, Æм! Ха мын фаг фæцис! —, Мæсты ма кæн, Æф! Не ’фсымæр дæ, пе ’фсымæр! Нæ дыууæ Æм дын кæй загътам, уый дæ зæрдыл бадар! — Хату йæ хæлæрттæн сæ фист адаудта æмæ йæ бандоиыл сбадт. Агуывзæ йæ дзыхмæ схаста. Хурхуыз дон ахуынп кодта. Æф æмæ Æм дæр сæ сырх-сырхид æвзæгтæй уæздан æрæвнæлдтой. Лæппу уыдонмæ кæсгæйæ бахудт: «Мæ амыпдтытæ мын дои иууыл нæ нылласта йæ бынмæ!» 2. КАРАТИСТ ЦОЙ БАНЫ СУСÆГДЗИНÆДТÆ ÆМÆ КУЫЙТЫ МЫГГÆГТÆ Хатуйы фыд Уасо Æф æмæ Æмы æрхаста хæрз чы- сылтæй. Къæбылатæ пух къуыбылæйттау ратул-ба- тул кодтой зæххыл. Сæ гыццыл цæстытæ æрттывтой. Райднаны сын Хату сывæдæгæй дардта хъуджы æхсыр. Стæй алыхуызон кас хæрынмæ фæцалх сты. Холлаг сдæргæйæ-иу сæ сырх-сырхид æвзæгтæ, арты æвзæгтау, спæртт-спæртт кодтой. Уалынмæ æвиппайды аивæзтысты æмæ рахъомыл сты. Æхсæв уылыпг рæзтысты, бон та уыдисп. Лæппу фæдисау, æз афтæ цырд цæмæппæ рæзын, зæгъгæ. Исдугмæ йæ коммæ нæ касты- сты. Сабийы хивæпд митæ кодтой. Хату сæ уæддæр не ’фхæрд- та. «Нырма сæ сабийы зопдæй цæрыиц. Куы фæзопдджыпдæр уой, уæд сæ æрфæрстытæ кæпдзыпæн цæмæйдæрты»,— хъуыды кодта йæхинымæр. 2 Мах дуг № 2—3 17
Æппыпфæстаг Æф дугъон бæхау иыивæзт. Йæ гуыр ныр- рæхспæг. Йæ фæстаг къæхтæ ныммæстæг æмæ ныззыкъуырита? сты. Р1æ риуы гуыдыр ныффæтæн и. Хæсты заманы-иу йе зна- джы фыццаг пыццавта йæ риуы гуыдырæй. Йæ раззаг къæхтæ дурын цæджындзтау ныставд сты. Куы слæууы, уæд йæ дзæм- бытæ ныппæлæхсар вæййыпц. Бирæгъау у къуыбырхъус. Фæ- дисы замапты йæ гыццыл хъустыл уæлæмæ схæцы. Р1æ дыууæ уæны æхсæпæй суапг йæ къæдзилы онг йе рагъ фæмила æмæ йын æрттивы сау гæрзау. Æнæхъуаджы пæ рæйдта. Æнæаххо- сæй иикæй æфхæрдта. Ахæм куыдзæй Ирыстоны фæзæгъынц, бæхджын лæджы йæ бæхæй æрисдзæи, зæгъгæ. Æф æцæг нæл- гоймаг уыд. Йæ бакаст æмæ пæ митæ дæр уыдысты нæлгойма- джы митæ. Æм дæр асæй пыддынджыр, фæлæ Æфы хъæддыхдзинадæй уыд цух. Йæ гуыр феставдгомау. Йæ сиптæ ауæрæх сты. Йæ къæхтæ уыдысты цыбырдæр. Йæ риуы гуыдыр чысыл балвæ- ста. Йæ барц ныддæргъæццои æмæ йын зæлдаджы хуызæп ссис. Йæ хъустæ хъуссæджытау дзедзырон кодтой. Иу цыбыр- дзырдæй, сылгоймаг цы вæййы, уый уыд. Хату сæ дыууæйы дæр хуыдта удгоймæгтæ. Мах дæр сæ хондзыстæм афтæ. Уасо пух къуыбылæйттæй сæ иуыл сæвæрдта Атиллæ, иинæ- уыл та Силæм. Хату дæр сæм исдугмæ сидтис афтæ. Се ’взаг сын куы базыдта, уæд загъта: «Адон кæрæдзимæ сæхирдыго- нау ма сидой, уый мæ нæ уырны!» Иу хатт Уасойæн сихор ба- хастой æртæйæ. Уа хæрд куы фæцис, уæд Хату æмæ Æм ра- цыдысты кæртмæ. Æф та мпдæгæй ныхасыл фæцис Уаимæ. Лæппу йæм мæстыгомау фæсидтис: «Атиллæ, цы фæдæ? Атил- лæ, тагъд рацу! Атиллæ, дæумæ æихъæлмæ кæсæм дыууæйæ!» Атиллæ куынæ разынд, уæд Силæм рамæсты и æмæ фæдпсæй арæуæг: «Æф! Æф! Æф!» Атиллæ уайтагъд рагæпп кодта ми- лицæйы бæстыхайæ. Ахæм сидт сфæлхатт и цалдæр хатты. Атиллæ та-иу йæ хомæ сидтис: «Æм! Æм! Æм!» «Ау,,кæд уы- дон сæ куыдзы нæмттæ не сты, уæд æрвыл хатт æмхуызон цæ- мæн рæйынц? Науæд сын «Æф» æмæ «Æм» цæуылнæ фæхæц- цæ вæййыиц? Нæ, уыдон «Атиллæ» æмæ «Силæм» пæ хуыйиыпц. Уыдонæн сæ куыдзы нæмттæ сты «Æф» æмæ «Æм». Нырæй фæстæмæ сæм нæ дыууæ баба дæр сидздзыстæм афтæ». ’ Хату Æф æмæ Æммæ сæ куыдзы нæмттæй куы фæсидтис, уæд тыпг бацин крдтой. Иæ уæрджытæм схызтысты. Сæ дæрзаег æвзæгтæй йын йæ цæсгом басдæрдтой æмæ йыл баузæлыды- сты: 1 «— Ха, ды мæнæ рæсугъддæр æмæ хуыздæр дæ!» — йæ хъу- сы йын дзырдта Æф. 18
«—Ха, нырæй фæстæмæ дæм кувдзыстæм, мæймæ куыд фæ- кувæм, афтæ!»-йæхи йыл андæгъта Æм. Хату йæхицæй пыббуц ис. Куыйтæ дун-дунейыл æппæты рæсугъддæр планстæйыл ны- майынц Мæйы. Æхсæвыгæтты йæм æрхæндæггомау куы фæ- пиуынц, уæд, æм фæкæнынц кувгæ. Адæм та фæзæгъынц, сау хабар банкъардтой æмæ адæммæ фæдисы сидынц, зæгъгæ. «—Ха, нырæй фæстæмæ дып дæ лæгъз цармыл йе ссыр чи асæрфа, уый мæймæ нал скувдзæп». «—Ха, ды тарф хуыссæгæй адджындæр дæ!» Æ<ф æмæ Æм дзурым куы базыдтой, уæд иу боп Уасо Ха- туйæн загъта: «— Æф æмæ Æм хорз схъандзал сты, фæлæ дæхæдæг куыд кæндзыиæ?» «—Хъусдзыпæи сæм æмæ сæ мæхимæ хъусьтн кæпдзынæн, баба. Æндæр цы хъуамæ кæнон?» — загъта Хату йæ фыдæп. «— Уый афтæ уыдзæн, фæлæ пырыккон æфсæндзых къуы- бырхъустимæ афтæ фæлмæнвадæй цæрдзынæ?» «—Уæдæ цы кæпоп, баба? Нарты Сосланау мæхи байсæ- рон?» «— 0, Нарты Сослапау дæхи хъуамæ байсæрай!» «— Æмæ мæ чи байсæрдзæн?» «—Чи дæ байсæрдзæн, чи, Уæларв-Куырдалæгон». «— Ласгæ та мæ чи скæндзæн Уæларв-Куырдалæгоимæ?» — ахæм ныхас хъазгæйæ бирæ хæттыты рауад фыд æмæ фырты æхсæн. Ныр дæр та фæлхат кодтой, бирæ хæттыты цы пыхæстæ загътой, уыдоп. «— Цомут мемæ æмæ æз уе ’ртæйы дæр сласдзынæн уыцы кæлæнгæнæгмæ!» — Уасойæн цыма йæ разы æртæ адæймаджы лæууыд, уыйау уыд йæ ныхас. «—Чи у уыцы кæлæнгæпæг?» — Хату чысыл фæпртæст йæ ахуыр ныхасæй. — Каратист Цой Бан. Мæхи мын хорз байсæрста. Ныр та сымах байсæрæд уыцы кæлæнгæнæг!» Уыцы хабар æрцыд, Хату дыккаг кълас каст куы фæцис, уæд. Уасо йæ уайтагъд каратэйы дæспымæ бакодта. Арцау рæхснæг лæджы раз æрлæууыдысты. Йс ссоны хуызæн цæсгом- мæ йын бакаст. Лæг æм йæ цæстыты арт фæцарæзта. Дзурын æй нæ бауагъта: «— Уасо-сан, Цой Бан дæ истæмæй фæцух кодта? Дæ ахуыр- гæпæгмæ истæуыл фæхъыг дæ?» — тызмæгæй афарста уый. «— Нæ, мæн мæ. ахуыргæнæг ницæмæй фæцух кодта æмæ йæм пицæуыл фæхъыг дæн»,— загъта Уасо джихæй. 19
’. «—Уæдæ салам цæуыннæ загътай, каратэ’куыд домы, аф- тæ?» — Цой Бан ноджы тыпгдæр смæсты ис. «—Ныббар мын мæ рæдыд, мæ ахуыр’гæпæг!».— Уасо Цой Баны раз йæ зонгуытыл алæууыд. Йæ армытъæнæнтæ кæрæ- дзиуыл аныхæста æмæ сæ тигъырдæм йæ риуыл авæрдта. Йæ сæрæй нын пыллæг акуывта/ «— Байрæджы кодтай, Уасо-сан. Каратэйы стыр цыт ахæм рæдыдтытæ нæ бары!» — Цой Банæн йæ хъæлæс къæзыд. «— Уæдæ мæ рæдыд куыд сраст кæйоп, мæ ахуыргæнæг?» Уасо дзырдта йæ зонгуытыл лæугæйæ. Хату йыл дис кодта: «Йæхи æгады уагмæ ^цæмæн æруагъта? Ацы тъæпæндзæсгом лæджы раз йæ зонгуытыл цæмæн æрхауд»; Цой Баны уæздан бакасты цавæрдæр уæларвон миниуæг фæфиппайдта. Уыцы ми- пиуæг æй бардуаджы хуызæн скодта æмæ йæм йæ фыд та цыди табумæ. Æппæты диссагдæр уыд уый, æмæ йæм масты æнкъа- рæнтæ нæ равзæрд. Уасо дæр æм нæ фæкаст’æфхæрд лæджы хуызæп. Цыма кæйдæр барвæпдон æххæст кодтой. Иуырдыгæй Цой Бан. Иннæрдыгæй та йæ фыд Уасо. Иу фæлтæр йæ цæс- тыл афтæ ауад, цыма кæрæдзимæ аивæй бахудтысты. Ам цыдæр кæй хъуамæ æрцыдаид, уый фæхатыд. Æфсæрмæй куыпæ урæд- таид йæхи, уæд ныккуыдтаид. Йæ фыдæн загътаид: «Ардыгæй ацæуæм». ’ " : «— Уасо-сан, дæ рæдыдæн дын бафидæн ис æрмæст мемæ хæсты!» «— Æцæг?» «— Уасо-сан, дæ милицæйы дарæс ралас æмæ дæ бынат ба- цахс! Каратэйы фæтк исчи куы фехалы, уæд фæтк афтæ домы». — Цой Бан йæ сау пæлæз феппæрста. Стыр хатæны тæккæ астæумæ бацыд рогæй. Йæ зонгуытыл алæууыд. Йæ армытъæ- пæнтæ æмæ йæ цæсгом уæлæмæ сдардта. Цыма дзы Уасо бын- тои айрох и, уыйау бапдзыг. Фестад. Йæ рæхснæг гуыр уæлæ- мæ сивæзта. Стай дæр афтæ аивазы йæхи. Арф сулæфыд æмæ фæйнæгау пытътъæпæп. СтæГг йæ галиу къахыл размæ рахæ- цыд. Йæ уæрджытæ фæкъæдз сты. Йæ цæнгтæ размæ фæдард- та. Йæ дæргъæццон æнгуылдзтæ ныкъкъæдз-мæдзытæ кодта. Цыма йыи цырæгътæ уыдысты æмæ йын сæ æртытыл уддзæф æрбаулæфыд. Хату йæм кæсынæй не ’фсæст. «— Хорз,мæ ахуыргæнæг, мæ рæдыд раст кæиын!» — Уасо йæ китель æмæ йæ урс хæдоп феппæрста, рагъæныл сæ æрца- уыгъта. Цыма зæххæн пыттонынæй тарст, уыйау хъавгæ ацыд. , Цой Бапы тæккæ размæ куы бахæццæ и, уæд æвиппайды цъæт фестад. Каратэ куыд домдта, афтæ алæууыд. Атымбыл, йæ хъæ’лæс рапхъуыст: — Кй-й-й-æ-æ-æ!» 20
Цоц Бап дæр хъæрахстгæпгæ фесхъиудта æм& пызЗылд цъилау. Йæ галиу къах размæ схъæлæй æрзылдта мæцъисау. Йае четæн хæлафы фадыг йæ фæдыл куыройы фыды хуызæн фæлурсгомау фæлм фæуагъта. Фæлæ та уайтагъд атад. Иу цæсты ’фæиыкъуылды бæрц дæр нæ рауад, афтæ йæ фадхъулы хъæбæр къуыпп Уасойы къæмисæныл хъуамæ ссыдаид. Уасо æвиппайды зæххыл ^атъæпæн. Куыддæр къах йæ сæрты атахт* афтæ лæгъз паркетыл æрзылд. Цои Баи йæхи цы къахыл æр- цæйуагъТа, уый йь!н ра’къуырдта. Каратэйы дæсны фæтымбыл и уызыпау. Йæ сæр йæ къæхты æхсæн фæцавта. Паркетыл пор- тизу атылд. Стæи та æмрастæй ферттывта. Сæрбнхъуырæйт- тæгæнгæ рацыд. Йæ буар кардау æлвæстæй рахаста. Уалынмæ Уасо йæхи фехста, пæ сæрты фатау атахт. Паркетыл йæ роцъс* сныдзæвд æмæ йæ уæлæ ацъелф кодта дæс метры бæрц. Цой Бап та уырдыгмæ йæхи æруагъта. Йæ зопгуытыл алæууыд æм# загъта: «— Уасо-сан, æз нал хæцып!» Уасо уæлдæфы зилгæ ратахт. Йæ ахуыргæнæджы раз йæ зонгуытыл æрхауд æмæ загъта: <?— Цой Бан, æз дæр нал хæцын, кæд мын мæ рæдыд ныб- бардзынæ, уæд!» ’ < , «—Уасо-саи, дæ рæдыд барст у».— Цой Бан Уасойæн йæ сæрæй акуывта. ^ «—Бузныг," ахуыргæнæг, фæлæ мæпæ уыцы...» «—Уасо-сан, дзурын дæ нæ хъæуы. Куы уæ федтон, уæд дып базыдтоп дс ’рбацыди руаг,— йæ роцъойæ Хатумæ аца- мыдта: — Уый дæр хорз равдыста йæ фыццаг фæлтæрæны йæхи. Уæдæйнырмæ мæ иу цæстæй уымæ кастæп. Ме ’фсæйнаг арып- джы йæ снæмдзынæи. Иу афæдзмæ йын йæ фæрсчытæ æпдон мæцъистæ фестын кæндзы’нæн, йæ цæнгтæ та болат кæрдтæ». — Цой Бан йæ рахиз къухы тигъæй фондз агуыридуры рæдзæгъд æрцавта. Сæ цъæлтæ хидæвæрд бамдæттæй дæлæмæ куы æрыз- гъæлдысты, уæд Хатуйы йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ кæл-кæл- гæнгæ атахт. Никуы ферох уыдзæн Хатуйæ уыцы бон. Цой Бап æмæ Уасойы фембæлд йæ хъуыдыйы баззад ирдæй. Сæ дыууæйæ дæр уыд сæрыстыр. Тæхуды сæм кодта. Уæдæйнырмæ каратэйы ахуыртæм цыдысты æртæйæ иумæ. Хату-иу залы уыд, Æф æмæ Æм та-иу æнхъæлмæ кастысты кæрты. Цой Бан хатыд, лæппуйæн йæ зæрдæ йæ куыйтæм кæй æхсайдта, фæлæ йын ницы дзырдта. Ахуыргæнæг иронау дзырд- та сыгъдæг. Япойнаг уыд, китайаг æви корейаг, уый нæ базыд- та исдугмæ. Куы-иу бахудт, уæд-иу стыр сабийы хуызæн ссис. 21
йæ зопгуытыл лæугæйæ, йæ хуыцаумæ скуывта. Хату-иу æм хингондау касти. Æппыифæстаг ыл æрæууæндыд йæхи баба- йау. Иу бон та йын йæ ахуыргæнæг загъта: «—Хату-сан, дæ дыууæ æмбалы кæд ам галиу митæ нæ’ кæпдзысты, уæд сæ мидæмæ æрбахон. Кæрты иунæгæй тæри- гъæд сты». Хатуйæн йе ’уæнгтæ æрфæлмæн сты, мыдадз артмæ куыд æрфæлмæн вæййы, афтæ. Йæ ахуыргæнæгмæ бахудт. Йе ’вза- гыл цы абадт, уый йын загъта: «— Цой Бан, пыртæккæ бабайы хуызæп дæ!» < «— О-о-о, Хату-сан! Дæ баба у, сæ ахуыргæпджытыл цы каратнсттæ фæтых вæййынц, уыдонæй! Æтт, Уасо-сан йæ ми- лицæйы куыстæй гыццыл куы февдæлон кæиид йæхи, уæй Брюс Лийæ иу мисхалы бæрц дæр фæстейæ ницы фæуадзид!» — Цой Бан дзырдта уæлæмæ кæсгæйæ. «— Брюс Ли та чи у?» «— Китайаг стыр каратист уыд. Дунейы йын тыхгæнæг’ тых пæ ардта. Рухсаг уæд æмæ дзæнæты бадæд!» — Цой Бан уæлæ- мæ ска-ст, йæ былтæ базмæлыдысты. «—Æмæ баба уый хуызæн каратист ’у?» — Хатуйæн фыр- дисæй пæ цæстытæ фæирд сты. «—Хату-сап, фыццаг хатт куы æрбацыдтæ, уæд ын йе ’змæлд- мæ пæ кастæ? Ахæм фембæлды æвыдæй раирвæзыпц æрмæст- дæр стыр каратисттæ. Уыцы бон æз Уасо-саиы цы мæлæтдзаг æлхыпцъы ныппæрстон, уымæй дуиейы иу каратист дæр пе сбырыдаид. Уый та паркетыл дæлгоммæ фæтъæпæн. Гæккуы- риау пæ сæр пыхъхъил кодта æмæ мын мæ къахмæ касти худ- гæйæ». «— Цой Бан, æмæ «сап» та цы амоны?» «— Японы цыты адæймагмæ аргъуцгæпгæ куы фæсидынц, уæд ын йæ номмæ «сап» бафтауыпц». «—Æмæ нæ дыууæ баба цытджыптæ стæм?» «— Уæдæ цы стут! Уæ дыууæ дæр — стыр каратисттæ!» «—Стыр каратисттæ!» — Хату пыххудт йæ сабийы худтæй. «—Хату-сан, дæ фыдæн зæгъ æмæ дып дæ игæрхуыз гоцора быпыл ныддаса!» «— Цæмæн, Цой Бан-сан?» — Хату стыхсти. «— Кæннод дæ хъуынтæ дæ цæстытыл æркæлдзысты!» «—Æмæ куы æркæлой, уæд цы уыдзæп?» 1 «— Хæххытæм дæ кæсын нæ бауадздзысты». «— Кæцы хæххытæм?» |' 22
«— Каратэйы змæлд цы хæххытæн сырæзы, уыдонмæ. РаЗ- вæлгъау сæ, Уасо-санау, куынæ фæфиппайай, уæд сæ дзуарæ^ вæрдты бахаудзынæ æмæ дæ ачъепп кæпдзьгсты». Хату йæ ахуыргæпæджы алы амынд æххæст кодта зæрдиа- гæй. Йæ къухты тигътæй хоста фæннæджытæ æмæ дуртæ. Фа-= раст мæйы фæстæ иу цæфæн агуыридур дыууæ кодта. Æвддæе мæймæ æртæ дуры саста æнцонæй æмæ дзы Цой Бап уыд ра- зы. Æф æмæ йæм Æм кастысты джихæй. Æртæ азмæ Хатуйæп йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ систы кæрдты хуызæн. Йæ мидбы* наты-иу цæкуыйау куы фесхъиудта, уæд-иу уæлдæфы æрзылдй æртæ хатты. Йæ буар сфæлтæрдта. Йе ’ргъиутæ æфсæйиæгты хуызæн систы. Минуты æмбисмæ-иу æртæ лæджы зæххыл авæрдта... Æф æмæ Æ-м сæ хæйттæ бахордтой æмæ йæм æдзынæг кас- тьгсты. Хату йæ дыргъы доп анызта. Афтид къустæ фелвæста æмæ сæ ныхсадта. Æ)ф æмæ Æммæ разылд æмæ семæ хъазынтæ систа. Фæлæ уалынмæ дзæнгæрæджы зæллапг фæцыд. Лæппу дуары хауæнмæ фæлæбурдта æмæ йæ куы байгом кодта, уæд йæ разы февзæрд постхæссæг Хапджери Лæгæн пæ хид йæ цæсгомыл цæппузыргай лæдæрстис. Йæ чырынтæ хæдон йæ буарыл пыидæгъди. йæ цыргъ роцъо зыпа-нæзыпа зыр-зыр кодта. Хату йын йæ тарст цæстытæ куыддæр ауыдта, афтæ йæхинымæры загъта: «Ханджери нын пæ газеттæ посты лагъзы куы ауадзы, уæд ныр ардæм фæдисы цæмæн æрбацыд?» — Ханджери, исчи дæ сургæ кодта, æви?.. — Нæ, Хату!—Ханджерн тыххæйты сфæрæзта дзурып. — Уæдæ цы кодтай? — Æз иицы кодтон, фæлæ ды дæ куыйты акæн æмæ арды- гæй дæхи айс. — Цæмæн? — Хатуйæн йе уæнгтæ ауазал сты. — Джагайы ма хъуыды кæныс, мæ гыццыл лæппу, Джа- гайы? — постхæссæг йæ дысæй йæ пыхы хид асæрфта. — Æз æй тынг хорз хъуыды кæпып, фæлæ йæ ды цæмæн æрымысыдтæ, Ханджери! — Ныртæккæ йæ горæты федтон. — Горæты? — Хату фæсонтгонд и, фæлæ та йе ’муд æрцыд: — Æмæ ахæстопы куы бадтис, уæд кæд суæгъд. — Йе суæгъд кæныны æмгъуыд æрхæццæ, æви лидзгæ ра- кодта, уый нæ зоныи, Хату! — Баба йын зоны йæ хабар? — Нæма... — Æмæ уал уымæ куы фæбæрæг кодтаис, уæд хуыздæр нæ уыдаид? — Хатуйæн фырмæстæй йе уæпгты уазал риз ацыд. 23
— Нæ уыданд хуыздæр иæ, мæ гыццыл лæппу. Æз æм куыд бакас-таен ,афтæмæй уый йæ фæндаг ардæм дары. Хъуыды ма йып кæныс йе ’ртхъирæи? Уасойæи афтае куы дзырдта, куыд- дæр мæ «комапдировкæпы» æмгъуыд фæуа, афтæ ма^ дæ хæ- дзармæ хъæуы, зæгъгæ!.. Йæ ныхас, нæ фæмæнг кодта. Йæ фæн- даг’ардæм у! — Ды йыл кæм фембæлдтæ? — Коцойты Арсены уыпджы йæ ауыдтои. — Æз бабамæ азгъороп. — Нæ, уырдæм ма ацу. Уыцырдæм цæугæйæ дыл хæрхæм-' бæлд фæуыдзæп. Фæлтау Цой Банмæ бацу æмæ уал уым фæ- лæуу. • Уасомæ мæхæдæг фæхабар кæндзынæи!—Ханджери æ-зиппайды фæзылд. 3. КУЫД ЕАНЫГÆДТОЙ АДÆМ ХУРЗÆРИНЫ Хату пыры хуызæи иупæг ни-кæд æнкъардта йæхи. Фæс- дуар йæхп æруагъта æмæ фырмæстæй ныккуыдта: «Напа — Хурзæрин уым хуыссы. Йæ марæг та лекка кæпы сæрибарæй!» Ардыгæй йæ ацæуын кæй хъуыд, уый дзы айрох. Уасомæ телефонæй бадзурæн кæй и, уый йæ зæрдыл ие ’рлæууыд. Æф æмæ Æм йæ уæлхъус алæууыдысты. Уыдон дæр сæ цæссыгтæ æркалдтой. Æптъыонæгæй йæ афарстой: «Ха, цы кодтап? Цæуыл кæуыс?» Уыцы æхсæв Хату цы бавзæрста, уый нæ бавзæрстой Æф æмæ Æм. Уæд уыдоп гуырд нæма уыдысты. Нæ зыдтон Хатуйы мад Дзерассæйы. Йæ къухæй йын къæбæр нйкуы райстой. Р1æ фæлмæп уырзтæй сæ пикуы адаудта. Йæ риумæ сæ никуы бал- хъывта. Хурзæрипау сæ никуы бапдæвта. Кæпнод, чй зоны, адæнмагау сдзырдтанккой. Æмæ уæд Хатуйы нал’ бахъуыдаид «Куыдзы æвзаджы дзырдуат» аразып. 1 Уасо йæ бнпоГгнаджы хуыдта «нæ хурзæрин». Хату йæ фы- дыл фæцахуыр æмæ уый дæр Дзерассæйы хуыдта «нана-хур- зæрпн». Хату-иу йæ фыдæн раппæлыд: «Баба, ыæ дыууæ дæуæн уæлæрвты дæр ис хурзæрип æмæ хæдзары дæр». Уасо та-иу худгæйæ загъта: «Хату, хурзæрин дып де стауæн ныхæстæ ма фехъусæд, кæнпод зæгъдзæи, ацы дыууæ дзиглойæп æпæ мæн сæ бон цæрып пæу, зæгъгæ». Дзсрассæ æцæгдæр уыд уæлдæфы цъæх хъуымац æмæ хур- зæрины æртхуыз тыптæй конд уæларвон уды хуызæп. Æдзух- дæр кодта рæвдауæп пыхас. Хатумæ афтæ каст, цыма йæ мад авгау æрттывта,' цыма йæ уæларвоп буарæй æдзухдæр рухс калдис. Уыцы сау быны фæстæ-иу йæ фыды афарста: 24
«— Баба,лаиа-хурзæрип мæлгæ акодта?» Уасо-пу фæхъыг: «— Лæппу, цытæ мын дзурыс, цытæ? Дæ дзыхæй куыд суагътай уыцы уазалдзырд? Хурзæрип мæлгæ фæкæпы?» «—Уæдæ цы кæпы?» — Хату-иу йæ цæссыг нал бауæрдта. «—Апыгуылы æмæ та погæй скæсы!»! — Уасо-иу йæхи афтæ дардта, цыма Хатуйæн тæвд цæссьгг йæ хъуыры кæй фæбадт, уый нæ фæфиппапдта. «— Æмæ уæдæ пана-хурзæрии кæд скæсдзæн?, Уæларвоп хурзæринимæ скæсдзæн райсом?»,— Хату-иу сцымыдис. «— Райсом куыпæ* уа, уæддæр та ркæсдзæп искуы. Æрмæст ып йе скастмæ нæ дыууæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм тыиг. Куы- нæ йæм æпхъæлмæ кæсæм, æдзух тъизгæ куы кæнæм, уæд пе скæсдзæн». > Æхсæв-иу æп фыпы куы федта, уæд-иу йæ фыдæн цингæп- гæрадзырдта: «—- Баба, дысон пæ хурзæрии скаст». Уасо-ну ипнæрдæм азылд æмæ-иу фæлмæн багуым-гуым кодта: > «—Æмае дын уæдæ æз аргъæуттæ дзырдтон, лæппу?» Уæдæйнырмæ æнхъæлмæ кæсы Хату æмæ йæ æппынфæстаг бауырпыдта; Нана — хурзæринау чи аныгуылы, уый ногæй нал скæеы. Уæддæр æм æнхъæлмæ кæсы. Афтæ йын æнцондæр у æмæ йæм’ æихъæлмæ кæсы. Афтæмæй йын йæ худгæ цæсгом фæуыны,,йæ рæвдауæг хъæлæс ыи фехъусы, йæ фæлмæн къух- ты хъарм ып банкъары. Джагайы ферох кæныпыл фæлвары Хату, фæлæ дзы уæд- дæр иу уысм дæр пæ ирвæзы, йæ тæссаг æнгæс йæ фæдыл зилы, уæгъд æп ,пæ уадзы. Йæ цъаммар цæстыты æгъатыр æрттывд æй асудзы. Уыцы æнамонд æхсæвы хабæртты сыгъдвæд йæ хъуыдыты баззад гаккау. Йæ хъусты ма ныр дæр нæры рудзын- джы’ æвгты цъæхснаг’ зæлланг. Ливоры лæгъз хæтæлы уазал ферттьпздæй пыккæрзы. Æрмæст ахæм æбуалгъы бæллæхтæ цы расайдта, уый нæ зоны. Фынджы уæлхъус бадтысты. Æхсæвæр хордтой æртæйæ. Æгъуызаты кадджып цот! Уыдоп хуызæл уæ- ливыхтæ Нарты арвы хин, зæххы кæлæи Сатанайы уæлейæ псгæ, быиæй ахадгæ къæбицы дæр нæ уыд». Уасо «Адидасы» спортпвои дарæсы мидæг бадти. йæ куысты дарæс æмæ йæ ливор скъаппы æрцауыгъта. Цой Баны каратэйы дæспыйады хабæрттæ дзырдта. Æнæмæтæй хъазыд æмæ худтис. Уалынмæ рудзынджы къуырма гуыпп фæцыд. Цыма йæ исчи æфсæн дзæк- корæй фæцæф кодта. Авджы лыстæг цъæлтæ фынгмæ æмвæ- тæнæй æрбасæххæтт ластой доны æртæхтау. Фæлгæт мидæмæ 25
æрбахауд æнæхъæпæй. Æхсæвы талынджы сау-сауид афтиды æвиппайды фæзыпд лæг. Йæ къухы ферттывта ливор. Уасо агæппæввонг ссис, фæлæ йыл рудзынгæй лæг фæхъæр кодта: «— Майор, куыддæр дæ бынатæй фезмæлай, афтæ дын дæ фæтæн ныхы тæккæ астæу сырх тæпп авæрдзынæн!» «— Уæу, мæпæ ма иæхи Джагайы федтоп кæдæй уæдæй!» «— Уый хуызæн цинтæ дыл цæуæд дæ цард-цæрæнбонты, цъаммар фæдысмудæг!» — лæг йе ’лгъыст æрбасæххæтт кодта чъизи æхсæнтау. «— Джага нæ дæ, Джага? Æви мæ мæ цæстытæ сайынц?» — Уасо Джагайы дардта ныхæстыл, ахъуыды кæна, иу хатдзæг- мæ æрцæуа. «— Æз Джага дæп, фæлæ ды дæ дзæмбытæ дзæбæх сиваз уæлæмæ! Кæниод мæ «Вальтеры» мæнгвæдæг æр’ылхъивдзынæн раздæр! Гъе, афтæ хуыздæр уыдзæн дæуæн дæр æмæ мæнæи дæр!» «—Æмæ дын æмгъуыд кæдмæ и, Джата?» «— Мæ зæгъинæгтæ дын куы зæгъоп, уæд!» «— Гормон, кæд дæм истытæ зæгъинаг уыд, уæд дуар æрба- хастаис! Кæннод дæ хуызæн уæздап лæгыл рудзынгæй æрба- бырын куыддæр пæ фидауы».— Уасо аивтæй фæхицæн и фын- гæй.' Уæгъд рап слæууыд æмæ хъæрæй ныххудт. Хату йæ сабийы зондæй фæх^тыд Уасойы сайæн ми. Куыд- дæр Джага ныхасыл фæуыдаид, афтæ йыл йæхи ныццавтаид стайяу. Йæ нана-хуызæринæп йе ’взаг йæ комы бахус. Йæ цæс- гом цикъæйау ныффæлурс. Йæ сау цйестытæ асалдысты. Йæ былтæ ныцъцъæх сты. Йæхи ма тыххæйты урæдта. Фынгæмбæр- зæн йæ хъæбæр æнгуылдзтæй æрбассывта. йæ фæдыл æй ала- ста. Йæхи нал урæдта æмæ йæ йæ уæз фæцæпхаста гæлиуыр- дæм. «— Майор, уыцы цъæмæлтæ дæ кæрчытæн акал!» «— Цæмæн афтæ зæгъыс, Джага?» «— Дуар куы æрбахостанп, уæд мæ бахъуыдаид демæ ра- хæц-бахæц». «—Цæмæн, цæмæн, Джага? Лæгæй-лæгмæ нын ныхас нæ фидауы, æви куыд» «— Цой Бапы æмдæндаг ч<и суа, уыимæ лæгæй-лæгмæ дзу- рæнтæ ис?.. Майор, дæ гадза йæ мидбынаты куынæ нытътъæ- бæз.уа, уæд мæ мæ къух нал бафæрсдзæн!» ^Куыддæр Джага «гадза» срæтъыгъта, афтæ Уасойæн йæ мидбылхудт айсæфт. Уæддæр йæхи фæурæдта æмæ сабыр хъæ- лæсæй загъта: 26
«Дзерассæ æмæ Хатуйы фаллаг хатæнмæ ауадзæм. На* дыу- уæ лæгæй-лæгмæ æрдзурæм нæлгоймæгтау». «— Иф, куыд зопдджын лæппу дæ! Йæ гадза æмæ йæ хъæв- дыны йын фаллаг хатæпмæ ауадз æмæ йæм уырдыгæй йæ сар- мадзан æрбадæдтой! Нæ уыдзæн уый, дæ ныхы сырх тæпп дын хъуамæ феной уыдон дæр!» «—Дæ балцы руаг мып пæма загътай, Джага!» «— Ныфс дыи бавæрдтон, куыддæр мæ «къамандировкæйæ» æрбаздæхоп, афтæ дæм æрбафысым кæндзынæн, зæгъгæ!» «— Уый уыд дæ зæгъипаг, æндæр дæм ницы ис?» «—Мæ зæгъинаг дæр уый у æмæ ме ’мгъуыд дæр!» — Джа- га йæ ливорыл дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ йæ Уасойы ных- мæ ныццарæзта. «— Джага, макæ, хуылыдз хъуыддаджы хыгъд дын дæ сæр цæджы мидæг атъьисдзысты!» «—Джага цæгæй нæ тæрсы. Джага тæрсы, дæ хуызæн цъам- мар фæдысмудджыты хæс йæ уæлæ куы баззайа, уымæй!» — Джага йæ галиу цæст æрцъынд кодта. «—■ Джага, ма фехс!» — Дзерассæ уыциу æппæрст акодта йæхи. Иу цæстыфæныкъуылдмæ йæ лæджы тæккæ раз фев- зæрд. Йæ цæпгтæ фæйнæрдæм айтыгъта. Уасойы бааууон кодта. Джагайы тыпг куы бафæндыдаид, уæддæ’р нал фæурæдтаид йæхи. Хатæны гæрах ныййазæлди. Дзерассæ йæ риумæ фев- нæлдта æмæ пыццудыдта. Уасо йæм фæлæбурдта, фæлæ йæ ус йæ уæзæй æрæлвæста. Джага ус æмæ лæджы ахæм хуызы куы ауыдта, уæд фæуыр- гъуыйау. Цы акодтаид, уый нал зыдта. Куы-иу размæ фæкаст, куы та æхсæвы талынджы сау-сауид хуызмæ. Хату пæхимидæг пыддур. Баидзыг. Кæуыпы фаг тых æм нал аззад. Джага ма дыууæ æхсты фæкодта. Нæмгуытæй та иу сныдзæвд паиа-хур- зæриныл. Лæппу фæлмы мидæг ауыдта, йæ мады лæмæгъ буар куыд фестъæлфыд æмæ куыд æрхауд, уый. Стæй йын галиуыр- дыгæй нæ рпуыл сырх тæпп куы фæфиппайдта, уæд ныхъхъæр кодта: «Нана-хурзæрин, фæцæуыи дæм!» — Ныхъхъæр кодта, фæлæ йæ хъæр йæхицæп дарддæр пикæмæ фехъуыст. Акъах- дзæф кæнын дæр нæ бацис йæ бон. «—Æдт, æмбыдхор!» Уасо Дзерассæйы дæлæмæ æруагъта. Йæхæдæг йæ къæми- сæны туг калгæ, фесхъиудта. Гом рудзынгæй уыциу гæпп акод- та. Ахæм хуызы донмæ сæхи фехсьшц ленкгæнджытæ. Джага пæма фæдæлрудзынг и. Талынджы нæма аныгъуылд æнæхъæ- пæй. Иæ ахæстопы цъæх хæдоны чъизи æфцæггот Уасойы къу- хы февзæрд, фæлæ йæ нæ баурæдта. Йæ уæзæй йæ фæрсаг 27
тæрхæджы сæрты аскъæфта. Сæ дыууæ дæр саудалыпджы бæз- джып пъæрайы аныгъуылдысты. Цыппар гæрахы та фæд-фæдыл фæцыд кæцæйдæр. Стæй лæхъиры аныгъуылд, ницыуал ба- зыдта... ( ’ ’ _ Куы æрчъицыдта, уæд æппæты фыццаг йæ хъустыл аныдзæв-' дысты хъарæджы судзаг зæлтæ. Хъарæггæиæджы хъæлæс-иу пæ хъуыдыты’ артау ссыгъд. Сылгоймæгты æмзæл дзыпазын-иу ын йæ зæрдæ ацарыдта. «Кæуыл кæуынц? Цæмæн кæуынц?^» Сыстын æй бафæпдыд, фæлæ йыл фыдох æруæз кодта æмæ йæ не сфæрæзта. Цæстылуайæнты фæзилæнты ныдздзæгъæлтæ ис. Куы-иу æнæбыи арфы сау-сауид’хъæлæсы ныххауд. Куы-иу æй къомсихуыз уылæнтæ, æхсныфау, фелвæстой сæ сæрмæ. Уæд-иу йæ хъуыдытæп се ’мыр къул фегом. Галы цæсты йас хуыикъæй- иу ногæй æрбакалдысты хъарæджы судзаг зæлтæ: «Уæу, дæ рæсугъд уæнгты фидауцмæ дын чи каст æмæ сæ чн иал фен- дзæн, уый мæгуыр бон! Уæу, дæ зæлдаг хъæлæсы рæвдыд дып чи бавзæрста æмæ дзы æнæхай чи фæуыдзæп! Уæу, ды цы уæ- зæджы фидыц уыдтæ æмæ кæй нал сфидауын кæндзынæ, уын бон! Уæу, ды дæ уды хъармæй кæй рæвдыдтай æмæ кæй иал барæвдаудзынæ, уый сæры бон!» Хату сæм авд хохы фалейæ хъуыста æмæ дис кодта: «Нана- хурзæрины хъæлæс мæм цæуынпæ хъуысы? Наиа-хурзæрин мæм æввахс цæуылнæ цæуы?» 1 Цыппæрæм бон иу афоп хъарæг фескъуыд. Сылгоймæгтæ къулгæрæтты арæгъ сты сусæг хæкъуырцгæпгæ. Астæуæй ныл- лæггомау тæрхæг аззад. Йæ уæлæ хъулон гауыз æмбæрзт. Га- уызы уæлæ та дæргъæй-дæргъмæ æвæрд уыд игæрхуыз чырын.1 Чырыпæн йæ хуылфы кæд фынæй кодта нана-хурзæрин. Йæ цæстыты къуырфытæ фæарфдæр сты. Йæ цæсгом мыдадзы хуы- зæн ссис. Хату йæ афтæ иппæрдхуызæй никуы федт’а. Ницы йæм хъардта. Никæй фиппа-йдта. Иæ уазал сæрыстырдзинад æй фсвзæрыи кодта бынтоп æндæр дунейы. Иæ сау дзыккутæ йыи чидæр йæ фиумæ «æр’байста. Йæ урс-урсид хæдопы уæлæ йып сæ адæргъытæ кодта суанг йæ уæрджыты онг. Хурау рарттыв- та. йæ рæсугъд цæсгом уазал тыптæ уагъта уæлæмæ. Хатæнмæ ацæргæ нæлгоймæгтæ æрбацыдысты уæптæхъил æмæ сæргуыбырæй. Иæ алфамбылай æрбатыгуыр сты. Сæ худ- тæ систой: Хату ницыуал хъуыста. Йæ хъуыды-иу бамынæг. Стæй ’та-иу ын ногæй ссыгъди æмæ-иу æрæввонг. «Цом, фестæм пæ сыитæгæй! Ахæм цытджын заманы хуыссын нæ фæтчы!» Йæ сынтæгæй йæ чи фелвæста, уый бæлвырд нæ базыдта. Ие ’муд æрцыд Уасойы хъæбысы æмæ бавкъардта ^тыи-г бирæ хъарм: «Цом, лæппу, цом! Стыр балцы нын цæуы. Йæ фæдыл нæ акæ- 28
сын хъæуы. Уым нын кæй цæрдзæн иунæгæй, уый йып фаг у!» Чердыгоп.иунæджы цардæй зæгъы баба? Кæдæм фæцæуы пана- хурзæрин? Кæпонг цæуынц йæ фæдыл Уа’со æмæ Хату? Иунæ- гæй йаё цæмæн хъуамæ ауадзой? , ’ Адæмы сæрмæ хъæддых цæнгты тымбыл кау ауыдта. Ка- уæн йæ уæлæ фидар æвæрд уыд игæрхуыз даргъ чырып. Чырын уæлвæигты фæцæйленк кодта, нау денджызы куыд фæцæйленк кæны, афтæ. Кæйоиг у йæ балц? Кæд æрбаздæхдзæн фæстæмæ? Хатуйæийæ цæссыгтæ Уасо мыссæрфта: «Æрбаздæхдзæп нæм фæстæмæ, æрбаздæхдзæн! Æрмæст æм хъуамæ æнхъæлмæ кæ- сæм, хъуамæ!» Сыгъдæг арвæй хур йæ зæриитынтæ луæрста. Адæм игæр- хуыз чырыны фæдыл фæцæйлепк кодтой зæриихуыз малы. Утæп- пæт зæринхуыз рухс калди табæты хуылфæй. Афтæ касти Ха- тумæ. Æндæр ранæй йын скæлæн нæ уыд. Хату æмæ Уасойы хурзæрин уым хуыссыд. Æрдз æмæадæмыл йæ зæринхуыз тыи- тæ калдта уый... Чысыл фæстæдæр Хату лæууыд сау уæрмы цур. Хату ма иу хэтт ауыдта хъæддых нæпгты тымбыл кауыл æвæрд табæты. ’Æвиппайды зæххыл фсвзæрд. Йæ цæпгтæ чырыпмæ фæдардта: «Иунæгæй тæригъæд у нана-хурзæрин! Æз йемæ цæуын балцы! Иупæгæй тæригъæд у! Иуиæгæй тæригъæд у!» Устытæ сцъиах- цъиах кодтой. Хату погæй йæ фыды хъæбысы февзæрд: «Лæп- пу, гыццыл сабн ма дæ? Тагъд дыл аст азы сæххæст уыдзæн! Уыимæ цæуын пæ хъæуы! Йæхæдæг нæм æрбаздæхдзæн!» Уый фæстæ æрцыд, Хату, цæмæй тарсти, уый. Лæппутæ игæрхуыз чырып уæлæмæ сдардтой тырысайау. Стæй йæ сындæггай æруа- гътой цыппæрдигъоп сау уæрммæ. Хурзæри’н.фæдæлсыджыт и... Нæ, Хатуйæ пикуы ферох уыдзæп уыцы сау боп. Цæргæ- гæрæнбопты йæ зæрдыл дардзæп Джагайы цæстыты ферттывл. Мæлæты бонмæ нæ хъусты зæлдзьисты йæ ливоры гæрæхтæ. Æппынфæстаг йе ’муд æрцыд. Æф æмæ Æм йæ уæлхъус лæууыдысты цыртытау. «Мæ хæдзарæй мæхи айсон æмæ искуы бамбæхсоп? Нæ, уый нæ бакæндзынæн! Æрмæст уал æрдзурын хъæуы Æф æмæ Æмимæ!» Æф æмæ Æм джихæй кастысты Хатумæ. — О Æф! О Æм! Куыд бакæнæм? Хаиджерийы зондыл ацæ- уæм? Нæ къæдзилтæ нæ сагæхты стъыссæм? Джагайæн йæ ра- зæй тæрхъусау лндзынтыл фæуæм? Уыцы гæбæруд лæджы та- сæн искуы хуыпчъы бабырæм? — Джага та чи у? — Æф йæ гыццыл хъустæ фæхъил кодта. — Не стыр кæрты æз ахæм цыргъдæпдаг куыдзы пом ип- куы фехъуьистоп! — Æм йæ сæрыл схæцыд. 29
— Джага у сусæгæй хæцаг куыдз. — Хъæ-æ-æ-гъ-гъ-гъ! Кæуыл бавзæрста Джа йе ссыр? — афарста Æф. — Кæй бафхæрдта уыцы сусæгæй хæцаг Джа? — Кæй бафхæрдта, кæ, нæ дыууæ Уайы! — Хатуйæи йæ хъуыр ахгæдта. — Уæ дыууæ Уайы? Цæмæй, цы хуызы? — Æф хæстæввопг ссис. — Нæ нана-хурзæрины иын аныгуылын кодта. — Хъæ-æ-æ-гъ-гъ-гъ! Æмæ уыцы заманы иæ кæрты куыйтæ фынæй баисты? Науæд кæм уыдыстæм пæ дыууæ Æф? — Уæ дыууæ Æф уæд гуырд нæма уыдыстут. — Афтæ фидар æфсæр и уыцы Джайæн? — сцымыдис Æф. — Фидар æфсæр ыи нæй, фæлæ сусæгæй лæбуры, гæбæр удау. — Хæфф-ф! Хæф-ф-ф! Хæф-ф-ф! — Æф йæхп пал баурæд- та.— Афтæ æнæууæнк у уыцы гæбæр уд? — Æнæууæнкæй æпæууæнкдæр. Фадат ын куы фæуид, уæд мæйы дæр бавдæрзид йæ кæлмхæрд ссыртæй. — Ха, уæ Ха, кæд нæ мыггаджы ахæм æпæууæик уд фæзыпд, уæд пын æмбæхсгæйæ нал у! — тызмæгæй загъта Æм. — Хъæ-гъ-гъ-гъ! Уыцы æмбыдхор Джайы ныхмæ тæккæ абон самайын хъæуы хæст! —Æфæн фырмæстæй йæ сæт йæ_хъуыры фæбадт æмæ ферхæцыд. — Æрмæст уал развæлгъау сырх хæтæлы бадзурын хъæуы Уамæ! — Æм, уæ Æм, Уамæ сырх хæтæлы куы бадзурæм, уæд нæ фæндонæй ницы рауайдзæн! — Æф йæ дзырд айста Æмæн. — Æф-дын раст зæгъы, Æм’! Уамæ сырх хæтæлы куы ба- дзурæм, уæд нæ хæст фæсыкк уыдзæн æмæ уыцы Джа тынгдæр счъиз1-Гкæндзæн адæм æмæ куыйты мыггæгты. — Уæдæ цæугæ! — Цæугæ, фæлæ кæрæдзимæ хъусæм! ’ . Хату дуар сæхгæдта æмæ йе ’мбæлттимæ æддæмæ рауад. 4. ДЖАГАЙЫ ЦАРДЫ ХАБÆРТТÆ Тапделты Джага æцæгæй хуыпдис Тузар. Æрмæст ып йæ фыд Созан йæ ном аивта æмæ йыл сæвæрдта Джага. Йæхæдæг дæр йæ метрикон æвдисæндармæ, гæсгæ хуыпдис Созап, фæлæ йæ йæ хъузоптæ хуыдтой Хъыцъы. «Хъыцъыйау æй ахæрдзынæн». «Хъыцъыйау ныцъцъæхтæ-бур- тæ ис». «Хъыцъыйау хурмæ пыббур и». «Хъыцъы нæу, сырхгоп- 30
па у æмæ йыл баууæндæн ис». «Хъыцъыйæ хъауджыдæр йæ бон ницы у». Ацы дзырдæн-иу йæ дзыхæй схауд «хъыцъы» æмæ йæ йе ’мбæлттæ фæхъыцъы кодтой. Лæппутæ алы амæлттæй рæвдыдтой Сабнйы. Хъазæи хъу- лау дзы хъазыдысты. Схъæл лæппуты хъулон дзырдтæ йын амыдтой. Сæхи загъдау, лæг дзы саразыпмæ хъазыдысты. Цæ- мæй сырхгоппа суыдаид, ууыл архайдтой. Сырхгоппа сæхирды- го-на’у амыдта «хуыздæр», «хъулон», «алцæуыл йæ бартæ чи дардта æмæ «фраертæп» сæ сæрты чи каст», ахæм. .- Джага-иу йæ синты сæртыл йæ гыццыл къухтæ авæрдта. Йæ уæллаг гуыр-иу фæстæмæ аппæрста. Сæ амынд дзырдтæ-иу сын йæ бинаг былы счъилæй суагъта: «Ф-ф-флæйæлтæ! Сылхгоппа- ты дзабылты уафсытæ! Мæ цæсты лухсытæ! Мæ хуылфыдзау- мæттæ! Мæ лухс уды згæ дæгъæлтæ!» Йæ ахуыргæнджытæ-иу худæгæй амардысты. Сабийы къæ- лæсыт’æ сæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ сæ сырхгоп- паты дзырдуаты «фраеры» бæсты æрбиноныг и «фрæйæр». Сæ къахфындзтæй-иу æй фæстейæ фæлмæн скъуырдтой. Сæ къух- тæ-иу ыл, хыпджылæггæнгæ, ауыгътой. Сæхирдыгонау-иу ын цъæлтæ æмæ рæмыхстытæй загътой: «—Æц, фрæй-йæр цыдæр! Дæуæй сырхгоппа иæ рауайдзтн!» ’ Науæд-иу сæ тыппыр дзыппытæй дæсгай тумантæ сластой къæс-къæсгæнгæ. Джагайæн лæвар. «—Фрæй-йæр цыдæр, кæй сгаффутт дæ, уый базыдтам! Æц, пскуы басцымæпы абад дæ цæстыты рухсытпмæ, дæ афтпд тъæпгтимæ, дæ рухс уды згæ дæгъæлтимæ!» Джага сын сæ сырхгоппа дзырдты миди’с иууыл пæ ахста. Фæлæ сыл иугæр пæ фыд æхцонæй худтис, уæд сæ пымадта хорзыл. Хатт-пу, ын йæ бабайыл ныттыгуыр сты сау хæлуарджы- тау. Се ’нгуылдзтæ-иу ыи хъæбæрæй фæцарæзтой йæ гыццыл цæстыты» къуырфытæм. Къленц хъæлæсæй-иу æй афарстой: «— Хъыцъы, ацы лыстæгхъуыр уасæг кæд атезгъо кæндзæн кæрчыты æхсæн? Кæд бацæудзæн лæгау-лæджы хъуыддаджы? Кæд суыдзæп æхсæвы талынджы хъузои? Æви дзы чиныджы фрæй-йæр скæнынмæ хъавыс?» Цæмæй зыдта Джага, лээппутæ «кæрчытæ» адæмы кæй хуыд- той? Йæ фыды пыи «хъыцъы» цæй тыххæй хуыдтой, уый дæр нæ зыдта. Йæхипымæры-иу загъта: мæ тыхджын баба пыртæк- кæ йе ’гадгæнджыты пылгъитдзæн. Уый та-иу сæ разы слæууыд гæрыстыр æмæ схъæлæй, йæ цыргъ роцъо-иу размæ рассыдта. Йæ бинаг был-иу суанг йæдаргъ фыпдзы цъуппмæ сивæзта. Тымбылкъухæй-иу йæ риу ныххоста: «—Й-й-й-æх-х-х, мæ сырхгоппа уасджытæ! Æдт, Хъыцъы- йæп йе ’ууæпчы зæрдæ уæ цыргъ бырынчъытæй куыд бахсыдтат, 31
гъе! Хъыцъы йæ хъозптæй згæ æфсæйнаг фехсынæд, ацы лыс- тæгхъуыр фрæй-йæры уын цыппæрдæс азы карæнмæ сырхгоппа уасæг куыпæ фестып кæна!» Гъе, уый фæ^стæ фембæрста Джага, йæ фыд «Хъыцъыйæ» сæрыстыр кæй уыд. Хъыцъыйы хъузонтæн сæ амындтытæ дон ’йæ быпмæ нæ ныл- ласта. Лыстæгхъуыр фрæй-йæрæй сырхгоппа лæппу саразыпы куыст кодтой кæронмæ. Джагайыл фандз азы куы сæххæст, уæд-ну æм хъазгæйæ сидтысты алыхуызоп стауæн æмæ æлгъи- тæн ныхæстæй: «—Джаг-га, фæлмæнвад фрайæр цыдæр!» «—Джаг-га, цъаммар стукач цыдæр!» «—Джаг-га, хуыцауы къахæргæвдæг цыдæр!» «—Джаг-га, стыр Хуыцауы иуиæг хъуджы мырхæг цыдæр!» «—Джаг-га, нæ къæдзилджын дунейы ма иу æхсидав хъуы- Д1ьæмæ*иын стыр Хуыцау пе ’хсæн дæу æрæппæр’ста гуыв-гуыв- гæнгæ!» «—Джаг-га, сырхгоппаты президеиты быпат \кæд ’ бацахс- дзынæ?» «—Джаг-га, Бомбейы сахары æрдулае хæтæгтæ дæм сæ хъуыртхъом æмбырды æнхъæлмæ кæсынц!» «— Джаг-га Швейцарийы банчы чъынды хицауы кæд спæр- тон кæндзынæ?» «—ДжаТ-га, уыцы хæлмагæи йæ дыууæ æрфыджы æхсæпæй кæд фелвасдзынæ нс ’хгæд дуæртты дæгъæлтæ?» «—Джаг-га, Индийы хъæздыг раджаты кæд æрдуцдзынæ?» «— Джаг:га, кæдмæ æфтъæрдзыпæ советон æмбыд сомтæй конд цымгæ!» «— Джаг-га, дæ гаффутт дзыппытæ, дзидзидап хъыбылтау, кæд схъуыр-хъуыр кæпдзысты амери.каг итувæрд доллæртæ, не- мыцаг хъæбæр маркæтæ, англисаг бæркадджып стерлипгтæ, птайлаг фæлитой лирæтæ?» «—Джаг-га, сырхгоппатæн дæ армытъæпæныл хъайла кæд скæндзыпæ?» «— Джаг-га, ды нæ уд, нæ цæ>сты гагуы, нæ хуылфыдзаума дæ!» «—Джага! Джага! Джага!» I Джагайы номивыиы цытджып хабар æрцыд æвдайæм азты райдиапы. Хъыцъы адджын фын пæ федта. Ничн йын бацамыд- та, дæ фыртыл Джага куы сæвæрай, уæд дын Ос-Бæгъатырау басгуыхдзæп, зæгъгæ. Алы адæймаг дæр- æрдзæй йемæ рахæс- сы цымыдпс. Уыцы цымыдис æй бафтауы агурыныл. Йæхирдæм ын æрбайсын кæпы, хорз æм цы фæкæсы, уып. Хъыцъыммæ Джа- 32
га хорз фæкаст æм& йæм фæлæбурдта. Йæ фырты сомбоиы иу фарст алыг кодта. Æндæр барæптæ йæ хъуыдыйы пæ уыд. Стæй сомбон æрмæст хорз номæй иæ алыг вæййы. Адæм сæ цотыл хорз лæджы ном сæвæрынц, уыцы хорз лæджы сгуыхты- тæм тырнгæйæ. Ома йын йæ хорз пом мæ сабийыл куы сæвæрон, уæд мып хайджьги фæуыдзæн йæ фарн, йæ цытæй. Хъыцъы æмæ йæ хъузонтæ фарн барстой бынтои æпдæр ба- рæнтæй. Адæм хорз цы хуыдтой, уып пымадтой æвзæрыл. Сы- хæгтæ æлгъ цæуыл кодтой, уый уыд сæ царды фæтк. Дзырдæн, абон гæвзыкк дæ. Сырхгоппатæ дып салам нæ дæттынц. Рссто- рапмæ дæ нæ хоньшц. «Мурызгъæлгур фрæй-йæрыл» дæ ныма- йынц. Фæлæ дæ хъæбатырдзинад, дæ ныфс, дæ къухты фæрцы райсоммæ фестадтæ хъæздыг. Дæсгай тумантæй дæхицæн хæ- дон бахуыдтай. Стæй сахары тæккæ «дзаумаджыпдæр» ресто- раи сæхгæпып кодтай. Дæ удтæ, дæ цæсты гагуытæ, дæ хуыл- фыдзауматæ кæй хоныс, уыдоп дæ алыварс. Æхцаты уæлæ ба- дыс æмæ æхцатæ лæхурæгау пырх кæнььс къуымты. Фрæй-йæр- тæ та дыл дисæй мæлынц: «Й-й-й-æх-х-х, цы лæппу у нæхи Хъыцъы! Зæгъ ын, дæ армытъæпæныл иын хъайла скæн, зæгъ- гæ! Фæстæмæ нæ фæлæудзæн. Скæндзæн æй! Йæ къух саусыгъд куы бауа, уæддæр æй скæндзæп!» Гъс, уып хуыдтой хорз æмæ цардысты ахæм «фар’нæй». Номыл уыд иæ ныхас. Ном æрмæст фæстæмæ фæкæсыиæн пæу. Нбм адæймагдзинады стыр пысан дæр у. Хъыцъы йæ гыц- цыл фыртыл- «Тузары» бæсты «Ос-Бæгъатыр», «Сослаи», «Бат- радз», «Къоста», кæнæ «Махарбег» куы сæвæрдтаид, уæд дис- саг уыдаид. Уыцы нæмттæ йын ницы дзырдтой æппындæр. Ца- вæр лæгтæ саз хастой, уый пæ зыдта. «Джага» «ссыгъди йæ цæс- ты раз. Йæ цард, йæ бæллиц дзы фæфиппайдта æмæ йæм фæ- лæбурдта. Цæугæ та йæм æркодта йæхæдæг. Уыцы замаит’ы Советон Цæдисы кинойы экрантыл параха- тæй цыдис иу иидиаг нывæфтыд киио-фильм. Хъыцъы кипотæм цæуаг нæ уыд. Йæхæдæг-иу афтæ загъта, уырдæм мын мæ худ куы баппариккой, уæддæр йæ рахæссынмæ пæ бацæуип, зæгъ- гæ. Æрмæст ын йæ хъузоптæ раппæлыдысты. Сырхгоппа лæп- пу дам дзы хæты. Куы дам æй фенай, уæд дам дзы дæ уд баз- зайдзæн. Йæхæдæг та дам пæ арæхстдзипæдæй дæ хуылфыдзау- ма фестдзæш. Æдт, Хъыцъы уын згæ æфсæйнаг куыд февдæрзта йæ хъозитæй! Кæд искуы ахæм сырхгонпа хæты, уæд æй ныр- мæ цæуыинæ федта? Бацыд киномæ. Сырхгоппаты æнæфыст фæшы сæрты ахызти. Рахиз къуымы æрбадт æмæ кино федта. Джагайы цыбыр ном йæ зæрдæйы цырагъау судзгæ рахаста. Залы бадгæйæ иу-цалдæр хатты йе ’нгуылдзты цъуппытæп апъа- 3 Мах дуг № 2—3 33
тæ кодта. Йæ адджын пъатæ экранырдæм фехста. Йæхи мидæг загъта: й-й-й-æх-х-х, тæхуды ды кæй хуылфыдзаума дæ. Джа- га йæхæдæг никуы зынди. Йæ ном та, хъылдымтæгæнгæ, хæтыд æгас Бомбейы (æви йæ цы хуыдтой?) сахары сырхгоппаты хъуыды æмæ хуылфыдзаумайы. Нæ зынди, афтæмæй тæрхон кодта алкæуыл. Йæхи зопдыл ратæр-батæр кодта сырхгоппаты. Искуы-иу куы ферттывта хурау, уæд-иу æгас сахары хъуыдда- джы лæппутæ æрбатыгуыр сты йæ алфæмбылай. Охх, Джага, Джага! Хъыцъыйы уд дæ мидæг куыд баззад! Уый фæстæ йын фрæй-йæртæ загътой, уый дам индиаг кипо у. Уырдыгон режиссер дам æй скодта. Йæ ном дам Радж Ка- пур хуыйны. Джага куы рахъомыл и, уæд бирæ цæуылдæрты фæдис код- та. Цæмæн цардп йæ фыд Хъыцъы бынтон æндæр цардæй? Кæ- мыты хæтыд æхсæвыгæтты? Кæцæй-иу æм февзæрд изæрæй райсоммæ афтæ бирæ æхца? Цæмæн æлгъ кбдтой Хъыцъы .æмæ йæ хъузæттæ адæмы цардыл? Цæмæипæ-иу разындысты куывд- ты, чыидзæхсæвты æмæ хистыты? Цæмæн уыдысты иппæрд? Цæмæн сæм кастысты сыхæгтæ зулдзастæй? Цæмæи сæ хуыд- той сæхæдæг «мурызгъæлхор фрæйæртæ?» Цæмæн-иу ауыгътой æгъдауыл сæ къухтæ? Кусгæ куынæ кодтой, уæд цæмæй бал- хæдтой «Волгæтæ»? Кæцæй сæм æфтыд фæсарæннаг зыиаргъ дарæс, хæдзары дзаума æмæ телевизортæ? Джага окъоламæ бацыд иниæ сабитау. Æрмæст йæ хъуыд- даг рауад бынтон æндæрхуызон. Ахуыргæнæджы. раз дзырдта æйæфсармæй. Сабитæ-иу ыл куы ныххудтысты, уæд-иу йæхи- цæй ныббуц. Октябры мæйы йемæ иу гæххæтты гæбаз æрба- хаста. Хъыцъы йып тыхтæ æмæ фыдтæй бакаст йæ фыстытæ: «Цы-ты-джыны Соз... Соз-з-зан! Скъо... Скъо-ла-йы адымы- страци дæ ку-ку-ры, цæмæй йæм ф-ф-фæ-бæрæг кæнай дæ би- нойнаг æмæ дæхи дæс-дæс-ны-йæдтæ». Хъыцъы æрбамæсты и. Гæххæтт æрбатымбылтæ кодта. Броидоны йæ ныррæцыгъта. Джагайæп йæ хъус сивæзта: «—Æй, фраерты устобаш*! Скъолайы дзæргъытæ æмæ нæл- хуытæ инпæ хъыбылтæй дæр æрдомдтой ахæм зондыздухæн ха- бæрттæ? Æви дæу барæй фæсырхайк кодтой?» Джагайæн йæ хъус тынг фæрыст, фæлæ пе скуыдта. Цыма йыл æппындæр пнцы апыдзæвд, афтæ алæууыд. Иæ фыдмæ йæ иу цæстæй скаст. «—Хъыцъы, уæ Хъыцъы! Уыцы хъус куы фадыс, уæд æй 1 Устобаш — йæ бындур туркаг у, жаргоны æвзагыл аыоны «хистæр», «уæлбикъон», «раздзог». 34
æпдæр искæй æпхъæлыс? Æххуырсты йæ пæ райстон, мæхи у, мæхи!» Хъыцъы æвиппайды худынмæ фæкъæртт и. Йæ фырт æм йæ сырхгоппа номæй кæй фæсидти, уый йæм цыдæр æхсызгон фæ- каст. Фелвæста йæ. Уæлæмæ йæ фехста портиау. Стæй йæ дæ- лæмæ æруагъта. Йæ дæлдымæг ын къахæй скъуырдта: «—Ма-ла-дец, устобаш! Фæлæ дæ цæмæй афарстон, уый мын æрлæхур!» ’ Джага йæ хъус аууæрста æмæ æцæг устобашы æвзагыл за- гъта: «—Хъыцъ-цъы, уæ Хъыцъ-цъы! ДьГ хъыцъы кæй дæ, уый скъолайы йæ дымæгмæ дæр ничи дары!» Хъыцъы фыршшæй Хуыцаумæ сырæзт. Ай мып пыридæгæн сырхгоппа устобаш куы у, зæгъгæ. Гæххæтт броидопæп систа. Йæ уæраджы сæрыл æй айтынг кодта. Фыстыты кæроп къран- дасæй бафыста: «Мæ сылыкъах хæжары æфсин. ’Мæхæдæг— хъуыддаджьг лæг». ’ Джага æнцъылдтытæ гæххæтт скъоламæ ахаста. Фæлæ та фæосихæртты æндæр гæххæтт æрбахаста. Хъы- цъы йын æй йæ къухæй стыдта. Йæ дамгъæтæ йыи тыххæйты апымадта: «Цытджыи Созан! «Хъуыддаджы лæг»,— ахæм дæс- иыйад нæй Советон Цæдисы. Директор — Санахъоты Михал». Хъыцъы йæ галиу къухы дыууæ æнгуылдзы Джагайы цæсты- тæм фæцарæзта æрцытау. Йæ рахиз къухы армытъæпæн ып йæ роцъомæ фæдардта бынæй: «— Й-й-й-æх-х-х, фрæйæрты устобаш! Дæ хæрвæпдзаг гу- дзицгæнæнтæ дын мæнæ уыцы фæзмæ куы ’ркалип, уый мæ фæнды!» Джага та ацы хатт дæр нæ фæчъил. Йæ фыдмæ палаты каст скодта. Йæ былтæ галиуырдæм фесчъил сты: «—Хъыцъ-цъы! Æр’кал мын сæ, æркал! Кæд дыи сырхгоп- патæ уыцы иу ми уæддæр банымаиккой сырхгоппоны миниуæ- гыл!» Хъыцъы фырцинæй йæ уæраджы сæр æрцъыкк ласта. Йæ бæрзæйыл фидар ныххæцыд. Йæ гуыбыны дзаг пыххудт: «—Й-й-й-æх-х-х, мæиæ цы сырхгоппа хъомыл кæны изс сы- хы, мæпæ!» Æпдæр амал ып нæ уыд. Гæххæттыл йæ дæсныйад бафыста æргом: «Мæхæдæг дæи сырхгоппа лæппу». Скъолайы директор ьш æвæццæгæн фембæрста йæ «сырхгоппайы» миднс. Уый фæс- тæ йæм гæххæтт пал æрбарвыста. Хъыцъы иу хатт кæцæйдæр бирæ æхцатæ æрхаста. Йæ дзып- пытæй, йе тарæй, йæ дзабырты уафсытæй сæ иста. Сынтæджы зæлдаг æмбæрзæпыл сæ калдта æиæнымадæй. Джага дæсгай з* 35
туманты тыгуыр куы ауыдта,' уæд йæ цæстытæ ссыгъдысты. «Хъыцъы, æри ма мын иу сæлдæджы фаг æхца!» Æппьшфæстаг Джагайæ дзырд <<баба» ферох и. Йæ фыды æдзух хуыдта «Хъыцъы». , ’ - Хъыцъы йе. ’хцатæ æвиппайды амбæхста. Зæлдаг æмбæрзæ- ныл иу гæххæтт дæр нал фæуагъта. Сабийыл йæ къух ауыгъта: , «— Мурызгъæлгур фрæй-йæр, искæмæй цæмæн курыс? Кæд сырхгоппа дæ, уæ-æд дæ-хуы-ттæг ссар сæлдæджы æхца!» Джага æгады ранмæ не ’руагъта йæхи. Дыккаг бон ,йæ ахуыргæпæджы хызын акъахта. Хæрзæвзопг чыэгусæн йе ’хца- тæ фелвæста. Йæ трусичы комдæлы сæ нытътъыста. Ахуыргæ- нæг ныккуыдта æмæ кълас схъомпал и.Джага йæм касти æмæ йын худтис йæ лæмæгъдзинадыл: «Аку, аку, фрарй-йæр цыдæр! Уæд дæ маст æнцондæрæй батайдзæн дæ риуы!» Афтæ йын амыдтой сырхгоппатæ. Сырхгоппа дам арæхстджын æмæ хъæ- бæрзæрдæ хъуамæ уа. Адæймагæн дам тæригъæд кæнын хъуа-, мæ ма зона. Скъола сызмæлыд мæлдзгуыты губаккау. Директор мили- цæмæ фæсидтис. Джага адæмы тыхстзмæлдмæ кастис æмæ йæ риу ныхта: «Фрæй-йæртæ, фæдысмудджытæм мып фæсидтысты!» Скъаппыты æфснайд чингуытæ рафæлдæхтой. Къахæвæрæн- ты хуынчъытæ басгæрстой. Фæагуырдтой, фæлæ æхцатæ нику’ы ссардтой. Фæтары сты. Бындз сыл фат ныццавта. Джигулкæ- ныимæ’ йæ ныфс ничи бахаста. Пракурор дам нæ бафхæрдзæн. Уый сын бар куы радтаид, уæд Джагайæн йæ нарæг трусичы мидæг цыдæртæ ссардтаиккой. Джага фæныфсджын и. Йæ фыццаг «сырхгоппа йæ фæ- ныфсджып кодта уасæгау. Йæ къахдзæфтæ фæуæзбын кодта. Цæугæ-цæуып-иу йе. уæхсчытæ хаста узгæ. Ие ’мбæлтты-иу ки- номæ фæхуыдта. Сæлдæджытæ-иу сын балхæдта. Абапайау тæвд з-алы сæлдæг хæр æмæ цымыдисаг киномæ кæс! Уымæп хуыздæр цы ис зæххы цъарыл? Джагайæ амалджындæр лæппу кæм и дунейы? Йæ давæггаг æхцатæй-иу цы фæхъуыд, уый-иу бафидын кодта сабитæн. Куы-иу сьгп сæ ,сихоры капеччытæ фæцъипп ласта сæ хызынтæй. Куы-иу’сьин сæ дарæсæй бæзгæ истытæ «айста» йемæ æмæ-иу сæ бахаста Хъыцъымæ. Куы та- иу пæ ахуыргæпджыты хызынтæм пьжкаст. Дард ацыд Джага. Æхсæзæм къласы базыдта, ахуыргæн- джытæ мызд кæд райсынц, уый. Искæй раз бабадыны фаг хъару йæм пæма уыд. «Æпæсармадзап» æп исчи уыргæфтыд фæкод- таид. Фæлтау хъуамæ æрымысыдаид æндæр амал. Кæнпод æй сырхгоппатæ топдзысты хъуымызбыл фрæйæрæн! 36
Æхцауарæг Дуса ахуыргæпджыты мызд æрбаласы зыбыты пупæгæй. Гæны бæттæнтæй фидар баст æхцаты къоппытæ чы- рьшы бавæры. Дуар сыл сæхгæны æмæ ацæуы хæрæндопмæ. Дуса нард ус у æмæ цæуы бабызау узгæ. Асипы къæпхæнтыл, къамбецау футтытæгæпгæ, схизы дьгккаг уæладзыгмæ. Уым «йæхи фæфидар кæпы» æмæ та кæлæх къæпхæитыл æрхизы дæлæмæ. Афтæмæй æхцайæ йедзаг æфсæн чырын æнæхъахъæ- пæгæй фæджиуы æртыи фондз мннуты, стæй Дуса байгом кæны йæ чырьгны дуар. ’ Арæхстджын сырхгоппа æртьш фондз-мииутмæ Швейцарийы бапчы, æхгæд дуар басæтдзæн. Уымæй фылдæр ма хъуамæ ба- хъæуа Джагайы. Хъыцъыйы амындтытæ йын бабæззыдыстЫ; Æппæт дæр æрбæрджытæ кодта. Хъыцъы йæ.фырты æнтыстытæм сусæгæй кастис æмæ худ- тис: «Ацы теуайы лæппын мын тагъд мæхи сæрты ачъыртт кæндзæн». ’ - ’ Хъыцъы нæ фæфыдæнхъæл. Джага ’йæ иу боы афарста: — «Хъыцъы, ныр дæ гудзицгæнæнты раз æхгæд æфсæн чы- рьш куы февзæрид, уæд цы кæнис?» Хъыцъыйæн йæ цæстытæ рахъоппæг сты, фæлæ йæхи пæ басаста. Йæ цæсгомыл мидбылхудт ферттивын кодта мæрдты хурау: «—Дæ чъырттгæнæн фалæмæ аздах, лукъафындз! Дæ лыс- тйег хъуыр нырма уый фаг нæу!» «—Фæрсгæ дæ кæиын! Хъалон дæ нæ домып!» — Джага йæ фыдмæ сдзырдта сырхгоппаты хъæлæсы уагæй. Йæхи фæтылиф кæныны фадат^ ын пæ радта. «—Цæмæн мæ фæрсыс, фраер?» «— Цæмæй йæ бакæнис?» — Джага йæ хъуыды фергом код- та. Кæдæм ауад Хъыцъы? Йæ фырты иунæгæй цæмæн фæуагъу та? Гæрзронæй йæ спæмынмæ хъавы? Джага йæ дыууадæс азы карæны ахæм æнаккаг ссис, æмæ йæ сабийы цымыдис йæ ахуыр-" гæнæджы фæдыл нæ акæсын кодта. Æнæ ’рбаздæхгæ йын кæй нæ уыд, уый хатыд. Йæ бандоныл гуымирыйау бадтис æцæг устобашау æмæ æнхъæлмæ чкастис. Хъыцъы уайтагъд æрбаздæхт. Туасы хуызæн æфсæйнаджы гæппæл æрбахаста. Тасмачъийау тасыд, фæлæ та-иу сраст и. Йæ иу кæрон фаакъæдз. Йе ’ннæ кæрон цæгзылд, цæмæй йыл ныххæцæн уыдаид. Йæ фырты размæ йæ баппæрста æмæ загъта: «— Устобаш, уыцы телы гæппæл бирæ гуыдыртæ байгом кодта». «— Ахæм лыстæг æндах?» 37
«—Æфсæйпаг чырынты гуыдырт& гом кæнынæн тых и& хъæуы. Арæхстджын къухы коммæ сæхæдæг бакæсынц». «—Уый зонын, дæ амонын мын æй нæ хъæуы!» — «Устобаш, куы фæмела уай, уæд уырдыгæй дæ фæндаг кæдæм ацæудзæи, уый дæр зоныс?» «— Занын». «— Æмæ дæм куыд кæсы? Дæ бып нæ бахуылыдз кæндзы- пæ?» «— Лхæм фæндаг нæхи фæндаг у. Чи йыл нæ ацæуы, уый никуы свæййы сырхгоппа»,— уæзданхуызæй загъта Джага. «— Й-й-й-æх-х-х,— Джага! — Хъыцъы йæ армытъæпæпæй йæ бæрзæй æрдзæхст ласта æмæ йæ мидбынаты фæтъæпæн и ма- дæл каркау. Ныртæккæ уый фестад æнадъом фрæй-йæр. Джага та фестад фæлвæрд сырхгоппа æмæ йын амыдта зонд. Джага йæ фыды дæгъæлæй хæдзары акуыста. Дуар-иу дзы сæхгæдта æмæ та-ну æй байгом кодта. Йæ сусæгдзипæдтæ йын дзæбæх куы базыдта, уæд Дусайы бахъахъæдта. Куыддæр урок райдыд- та æмæ ус хæрæндонмæ ацыд, афтæ йæ хатæны смидæг. Æф- сæйиаг чырын байгом кодта. Æхцатæ райхæлдта æмæ сæ рав- гæдта йæ тæрттæм. Æрмæст æмгъуыд иæ банысаи кодта. Р1æ ми кæныпыл æртын фопдз минутæй фылдæр бахъуыд æмæ куы рацæпцыд, уæд хæрхæмбæлд фæцис Дусайыл. Ус фæдис ныхъ- хъæр кодта æмæ Джагамæ фæлæбурдта. Адæм æрбамбырд сты. Уалыпмæ милицæ дæр æрбахæццæ сты æмæ Джагайы ала- стой, кæдæм ып æмбæлд, уырдæм. Уыцы бынат закъон хоны «сабиты колони». Сырхгоппатæ та йæ сæхирдыгонау хоньгнц «хæрджыты лæппынты абаиа». Колонийы фæстæ Джага скъоламæ нал бацыд. Сырхгоппа- ты закъопы пымадæн уый æгады ми уыд. Лæппу йæ фыдæй сæлдæджы æхца нал куырдта. Йæ амындтытæм ын нал хъуы- ста. Бапъероз пъæртт кодта æмæ йæхи" сæрмагонд фæндагыл цыди йæ фæидопмæ гæсгæ. Хæдзармæ куы æрбаздæхт, уæд æй Хъыцъы ныхъхъæбыс кодта. Цыма йыи стыр хæст рамбылдта, уыйау байрад. Æртæ азы сабиты колонийы ацъыкк ласта. Ноджы ма æр- тæ азы сабийæ фæхæтыд æмæ йыл сæххæст æстдæс азы. Фæс- таг æртæ азы дæргъы Джага кæмдæр самал кодта хæцæнгарз. Стæй йæ цыппар хъузопимæ басаста ,иу æфснайæг банк, иу сыз- гъæринты магазин, æртæ дарæс æмæ дзауматы магазин æмæ фараст та хæдзæрттæ. Уый йеддæмæ ма атардтой æртæ «Вол- \ гæ»-йы. Сызгъæринты магазипы пайдайы ад пырма дæр йæ дзыхы уыд. Æстдæс азы йыл куы сæххæст, уæд загъта, æххæсткары 38
сырхгоппа кæй сдæл, уый хъуамæ фæлысап кæнол, зæгъгæ. За- гъта æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Ныр дæр йæ ны- сан уыд сызгъæринты дуканл. Æрмæст æфсæл чырылтæ куы басастои æмæ сызгъæриптæ сæ хызынмæ куы рав- гæдтой, уæд сæ уæрдоны сæмæн асаст. Магазиныл милицæ æртыхст. ’ Йæ кусджытæ сæ автоматтæ фæныкхуыз къултыл суагътой. Нæмгуыты цъыввыттытæй сызгъæрингоппатæн се уæнгты тасы азар куы бауагътоп, уæд сæ мегафолы фæсидты- сты хуыснæджытæм: «— Джага, дæ лæдзæг раппар æмæ рзбыр æддæмæ!» Джага слдæджы базыдта йæ хъæлæсæй. Нæ дзы айрох и, скъолайы йæ æхгæд машлнæйы хуылфмæ, гæдыйы лæппынау, чи баппæрста æмæ йæ фылдзмæрзæлæй йæ къухтæ, æлгъгæнгæ, чи асæрфта, уый. «Уæу, мæнæ та нæм Танделтæй иу сырхгоппа куы фæзынд!» — загъта уый æмæ йыл дуар багуыпп кодта. Уыцы хъæлæс æм хорз хъуысы нырдæр. Дæргъвæтин комалди- ровкæйы та хъуамæ ацæуа Æгъуызаты Уасойы фыдæй! Тал- делты сæфт Æгъуызаты зондæй хъуамæ æрцæуа! Нæ уыдзæн уый, ахсæв æй Уасойы «бахуылыдз» кæныл куы бахъæуа, уæд- дæр! "Джага йæ автоматы мæнгвæдæг суагъта, фæлæ ,йæ нæм- гуытæ никæуыл суадысты. «—Джага,фаг фыдгæндтæ фæкодтой. Æгъгъæд дыл фæуæд! Дæ устобащтæ дын сырхгоппайы диплом ратдзысты ныр,фæлæ де згæ лæдзæг аппар æмæ рабыр æддæмæ!» — йæ мастыл ын цæхх айзæрста Æгъуызаты Уасо. Охх, дæуæн дæ игæрæй физоиæг скæп! Джага талылджы ахъахъæдта. Æддеиæ æппындæр личи зынди. Йæ хъузонтæ къуымты стым’былтæ сты уызыптау. Чи зоны, фыртасæй с.æ хæ- лæфтæ бахуылыдз кодтой! Йæ дзæбæх сæр уыцы фрæйæрты ницæйаг сæртыл радта Уасойы къухмæ? Пуй, пуй! Куылпæ стæй! «— Ма фезмæлут! Æз уын ныртæккæ уæ фæндаг байгом кæндзынæн!»1 Уый йæ хъузæттæн загъга Джага. Иу зыхъыр æй хъæуы æмæ йæ зопы. Адон æй нæ зонынц. Н>æдæр æй уыдон зонынц! Джага та цæ автомат суагъта æмæ талынджы атад. Стæй бæстæ мæрдæмыр ныццис. Дыууæрдыгæй кæрæдзимæ ныкком- коммæ сты гæппæввоигæй. Мидæгæй æддæмæ рацæуын уыд тæс- саг. Балæбурыл дæр нæ уыд æдас. Джага кæйфæнды дæр дзыхъмард фæкодтаид. «— Джага, дæ уæрдои уымæй фалдæр нал атулдзæн, фæлæ - æддæмæ рабыр дæ фрæйæртимæ!» — уый лæм Æгъуызаты Уасо сидтис сырхгоппаты æвзагæй. Уалынмæ бон дзлр-дзур кæнын райдыдтал Бæлæстыл мæргъ- тæ сæ цъыбыр-цъыбур самыдтой. Сыхы адæм райхъал сты фыц- 39
цаг гæрахмæ. Лæппутæ сæ сæртæ рудзгуытæй радардтой. Ми- лицæйы кусджыты сусæг змæлдмæ кастысты цымыдисæй. Сыз- гъæринты дуканийы дуары зыхъырæй цыппар æндæрджы ра- бырыд. Сегас дæр. сæ автоматтæ æрцауыгътой се.’фцгуытыл æмæ сæ къухтæ сдардтой хæрдмæ. Уасо сæ куы ауыдта, уæд æхцонæй ныппыррыкк ласта: «Сæрхъæнтæ! Кæрæдзийыл не ’ууæндынц! Исчи йæ дзыппы фылдæр сызгъæрин куы ныссыд- таид, уый тасæй се ’ппæт дæр магазипы фæмидæг сты. Æддейы хъахъæнæг нæ пыууагътой! Фæлæуу-ма, фæлæуу! Ам цыппар къæбысы йеддæмæ куыиæ уыпып, уæд Джага кæм и йæхæдæг? Йæ хъузопты æвыдæй куыд рауагъта æддæмæ? Йæ хъузонты фæуагъта æмæ афардæг, йæхи бамбæхста. Æмæ сызгъæринты магазипæй чердæм ахъуызыдаид? Дыууæ хатты дыууæ цыппар куыд у, афтæ бæлвырд-у: Джага ам нал и! Уы,м| ма куы уыдаид, уæд йæ къæбысты æвыдæй иæ рауагътаид. Магазинæй уæлæмæ сбырæн иæй. Йæ сæрмæ цæры милицæйы хицау булкъон Сехн- ты Дзамболат. Джагамæ уыГи бæрц хъару иæй. Дзамболаты фатер быпæй пе схуынкъ кæпдзæн. Ууы’лты не сбырдзæи æмæ райопы милицæйы хицауæи нæ зæгъдзæн: «Æмбал булкъои, ныббар мын! Дæ фæдысмудджыты къæппæгæй рацæуæн пе ссардтоп æмæ ауылты уымæп рацыдтæн!» 0, фæлæ сызгъæрин- ты магазнн иуырдыгæй æм^къул у хæлцы дуканиимæ, æмæ уыр- дæм бабырыдаид? Æвæццæгæн дыууæйы æхсæн’ кæмдæр ссард- та хуынкъ! Р1æ хъузонтæн æй не схъæр кодта, Гадзрахатæй сыл рацыд. Ома уал сымах ам фæдысмудджыты фæуромут! Уæдмæ æз мæ сæрæн хос кæндзынæн! Хъыцъыйы фырт нæу, Хъыцъыйы фырт? Уый дæр афтæ кæны бахъуаджы заманы! Уасо Сехиты Дзамболаты размæ бацыд. Йæ автомат æмæ йæ ливор систа. Йæ машипæйы йын сæ бавæрдта. Йæ китель ра- ласта æмæ сыл æй уæлейы æрæмбæрзта. Арф сулæфыд. Йæ къахфындзтыл слæууыд æмæ йæхи сивæзта уæлæмæ. Йæ урс хæдопы дыстæ сысчъил кодта. «—Æмбал булкъоп, æз цæуын!» «— Кæдæм?» — Дзамболат æм уыциу каст фæкодта. «— Фаг у Джагайæп, сæрибарæй лекка кæнын!» «— Æмæ йын дæ зæрды цы ис?» «—Зæгъын, бафысым æм кæнон! Иу лæгимæ архайын зын пæу, Хъарабогълы куы фсста, уæддæр!» ’ «— Фæлæуу-ма, фæлæуу, Уасо! Æмæ Джагаимæ габеурн нуазынмæ цæуыс? Æви дæ гæрзтæ цæмæп систай? Уыцы куы- дзы фыртмæ автомат æмæ ливор кæй ис, уый нæ зоныс?» 40
«—Хъыцъыйы фæдон хуыздæр цыты аккаг пæу!» — Уасо æнæмæтæй бахудт. «— Æмæ дæхæдæг та цæй аккаг суыдзынæ айдагъ урс хæ- доны мндæг? Джагайы нæмыджы аккаг?» «—Ныр æм æд автомат куы .балæбурии æмæ йын лæджы кад куы екæнин!» «—Цæй кады кой кæныс, æмбал майор? Ныртæккæ нæ æпæ иу гæрахæй æрцахсын хъæуы тынг тæссаг рецидивисты! Æн- дæр хæс иæ разы пæй!» — булкъоп йæ хъæлæс фæтызмæг кодта. «—Джагайы хуызæн хъæхъаг куыйты ахсын хъæуы къухæй! Гъе, уæд сæгад вæййынц се ’мхъузонты цæсты’! Ма тыхс, æм- бал булкъон! Фынддæс минутмæ дын Джагайы æрбаласдзынæи куыдзау бастæй! — загъта Уасо æмæ ацыд. Сызгъæринты магазипы ныртæккæ ничиуал баззад, фæлæ ууылты цæуын пайда нæ уыд. Джага йæ разы кæм февзæрдаид, уый пæ зыдта. Стæй йæм йæ фæдыл цæуын. кастис æгад. Йæ рæзты хъуамæ фæуа, йæ рæзты! Гъе, уый тыххæй мидæмæ ба- цæуып хъæуы хæлцы дуканийыл! Æниу уымæн дæр йæ дуа- рæн дæгъæлæй бакæнæн иæй.Джага æрбацæуæгмæ æнхъæлмæ кæсы уырдыгæи. Куыддæр йæ уыиæр ссæуа, афтæ йæ автома- ты мæнгвæдæг ’суадздзæн: Æмæ ссарын хъæуы æндæр фæндаг. Джага та уадз æмæ бадæд йе ’мбæхсæны! ■ Уасо хæлцы æфтауцы рудзынджы авг систа. Цыппæрдигъон хуынчъы ба-бырыд æнæсыбырттæй. Табу стыр Хуыцауæн, иу хаххы сæрты уал Оаирвæзт! Æфтауц æмæ фæлхасы стыр хатæ- ны æхсæв йæ зæрдæ æхсайдта раган къахæвæрæпмæ, Къахæвæ- рæнæи уыд дыууæ дуары æмæ йæм цыдысты дыууæрдыгæй. Чи- иу æй бацахста, уый-иу сæхгæдта йæ сыхæгты æрбацæуæи. Дуæрттæй иу алы; хатт дæр уыд гом, фæлæ ныртæккæ кæцы у гом? Кæд, йæ разы чи ис, уый мидæгæй æхгæд нæу, уæд та дыккаг хаххы сæрты дæр баирвæздзæн. Кæинод агурып хъæуы æндæр амал. Ардыггаджы сæрты æнæмæнг бахизын хъæуы æиæсыбырттæй. Фалладжы куы ныггуыпп кæна, уæддæр ыи тас нæу. Табу стыр Хуыцауæн! Дуар мидæгæй æхгæд пæ уыд æмæ пу хъыззытт ,дæр нæ фæкодта. Цой Бапы амындтытæ хъуамæ сахадой ам. Джага ам и. Сызгъæринты магазииæй йын æндæр никуыдæм и ацæуæн. Кæуылты æрбабырыд, уый фæстæдæр феи- дзæн. Нозты æвгтæ, консервы къоппытæ, дыргъы доны банкæтæ, къафетты асыччытæ, сæкæры голлæгтæ æмæ алыхуызон хæл- цæй йедзаг тæрхæджыты рæнхъыты фæсаууон æрныгъуылд кæм- дæр. Ахæм рæтты сæ дыууæ дæр æрæмбæхсдзысты æмхуызон. Сæ равæрдæй та сын спайда кæндзысты æндæр æмæ æндæр- 41
хуызоп. Уасойы æвварс фæуыдзæн стыр хатæны астæрд дæр. Авгау лæгъз кафелыл дæ дæлфад, кæнæ дæ риуы гуыдыр ныц- цæв æмæ йæ фаллаг кæронмæ ацъелф кæн! Æрмæст уал баир- вæзын хъæуы мидæмæ! «—Дж-ага, æддæмæ рабыр æмæ уæ хæдзары дæ гобан ссур кæн!» ’Уасо фæмиддуар. Дæлгоммæ ньщъцъелф кодта æмæ йæхи- нымæры загъта: «Ныртæккæ Джагайы автоматы къæр-къæр ссæудзæп!» Æцæг дæр дæргъвæтин къæр-къæр ссыд. Уасо йæ риуы дзаг сулæфыд. Ныр Джагайы ссардта æмæ йын фенцон уыдзæн йемæ куырмæхстытæй хъазыи. «—Джага, фæмела дæ!» — фыдæнæн ныххудт æмæ йæ бы- иат аивта. Уасойы цæстытæ фыдгæнæгыл аныдзæвыдысты. Джага йæ нæ фиппайдта æмæ стыхст, фæуыргъуыйау. Къæппæджы мыстау схæлбурцъ и. Иæ гилдздон кæд сафтид уыдзæн, Уасо йæхины- мæр уымæ æнхъæлмæ каст. «—Джага, дæ хæлаф дын хъуамæ раласои! Дæ фæлмæнтæ цъыкгæнгæ дæ хъуамæ аласон ардыгæй!» — Уасо тæрхæджы сæрты атахт æмæ кафелыл нындæгъд дæлгоммæ. «— Цъаммар фæдысмудæг!» — Джага Уасойы тæхгæ суыдта æмæ нæ дзых къæппæй аззад. Йæ нæмгуытæ сау тæппыты рæнхъ ауагътой царыл. «—Джага, ныр дæ ныхмæ цæуын æргом, æмæ йæ зон!» — загъта Уасо хъæрæй. Кафелыл тд ныцъцъæлф кодта дæлгомм.æ хуысгæйæ. Джага тæрхæджы фæсаууон æрныгъуылд, уымæн йе ’пнæ фарс фев- зæрд. «Ливор нырма йедзаг у!» — аиымадта æмæ йæ дзыхæй суагъта тасæфтауæг хъæр: «— Кй-й-й-æ-æ-æ-у-у-у!» — Иæ рахиз къахæй тæрхæг ныц- цавта.1 Гьгбар-гыбур æмæ йæ зæллапггæнгæ сфæлдæхта. Джа- гайы йæ быны фæкодта. «—Уæу, иана!» — Джагайы хъæр арф кæцæйдæр æрбай- хъуыст. Консервы къоппытæ, дыргъы доны банкæтæ æмæ къа- фетты асыччытæ йæ уæлæ ныккалдысты. Тæрхæг ыл æруæз (кодта. «— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, Джага!» Тыххæйты йæ скъахта. Йæ къухтыл ын рæхыс сæвæрдта. «— Бастæй куыдзы дæр нæ нæмынц, фæлæ дæ хæлаф ралас дæхи къухтæй!» «—Хистæр, уый мын ма бакæн! Лæппуты цæсты мæ ма баф- т^у!» — ныллæхстæ кодта Джага. «—Загътон дып, дæ хæлаф дын раласдзыпæн æмæ дæ мæ гæрзропæй нæмгæ аласдзынæн!» 42
«—Майор, фæлтау мæ фехс!» «— Фæлтау æй фехс! — Уасо Джагайы сфæзмыдта æлгъгæн- • гæ.— Куырм къæбылаты ныхмæ сармадзантимæ кæй нæ цæуын, уый пæ федтай? Уасо, фæлтау æй фехс æмæ йæ лæджы мард акæн! Æндæр ма цы домыс, Хъьщъыйы фырт? Мæ майоры пъа- гæттæ дæ нæ хъæуынц? Кæиæ та нæ республнкæйы сырхгоппа- ты устобашы хæдон? Цæмæй закъоны къæрпых суай, хъуыддаг- мæ дæхæдæг мауал цæуай æмæ дын цæттæйæ хæссой! Æхсгæ пæ, фæлæ дæ хæлаф куынæ раласай, уæд дын дæ афтид куы- сыфтæг мæнæ уыцы -къухы тигъæй ныффаддзынæи насау! Суадз дæ комдæл, æнаккаг цыдæр! Ды æмæ дæ хорз фыд æгæр бирæ фæхæтыдыстут сырхгоппатæй!» «— Майор, фæлтау мæ ам хуылыдз тæпп фестын кæп!» «— Нæи-пæ, мæ хуры чысыл! Мæн де ’рцахсыиæй дæ блаты сырх хæдон бамыдул кæнып æхсызгондæр хъæуы!» «— Уый мын ма бакæн æмæ ардыгæй айсæфдзынæн, нал мæ фепдзынæ!» «— Цас дæм æмбæлы, уый бæрц уал абад! Стæй дын æидæр амал нал уыдзæн æмæ айсæфдзынæ^ уæдæ цы кæндзынæ!» — Уасо Джагайы автомат систа æмæ йын йæ нæмыгдон рафтыдта. «— Цæмæинæ мып уыдзæи æпдæр амал?» «—Æрдæбон дæ хъузонты .къæппæджы фæуагътай. Дæхæ- дæг та сызгъæринты магазипæй ахъуызыдтæ лæхъуг æйчытæ мырхæг куыдзау! Уый уал дыы иу! Ардыгæй дæ æнæхæлафæй куы атæрон, уæд дæ сырхгоппаджыптæ де скъуыд хæдоны ми- дæг нал айсдзысты. Уый уал дын дыууæ!» —« Уæ, ипæлар! Уæ, стыр хистæр! Уый мын ма бакæн!» «—Суадз дæ комдæл дæхи къухæй, æнаккаг цыдæр! Кæп- под дын дæ пысултæ мæнæ уыцы хъæбæр æнгуылдзты цъуппы- ты иу дзæррæттæй æрфаддзынæн æмæ дæ мадардæй атæрдзы- нæп!» —Уасо йæ рахиз къухыл, кардау, уæлæмæ схæцыд æмæ Джагамæ йæхи баласта. «— Ух, уый фæлтау иу згæ æфсæйнаджы къæртт куы бав- дæрзин мæ хъозитæй!» — Джага йæ джинс хæлаф феппæрста æмæ йæ фехста, фæлæ йьщ æй Уасо йæ сæрыл.æрбатыхта. «— Цæугæ ныр мæ разæй! Згæ æфсæйнæгтæ æвдæрзыиы фа- дат дæр дын фæуыдзæн, Хъарабогълы!» — йæ разæй йæ айдагъ трусичы мидæг атардта. Джага æхгæд машинæмæ куы фæцæйхызт, уæд йæ рæхыс йæ дзыхы а.кодта. Йæ сырдоп цæстытæп стъæлфæнтæ калгæ фæ- сидт Уасомæ: 43
«— Майор, мæ блаты сырх хæдоп мын кæй бамыдул код- тай, уый дын пæ батапдзæн! Махмæ ахæм худинаггæпæг мнмæ абаргæйæ иу фрæйæры бахардз кæнын æхсæры хъузг акъæрцц кæныпæй хъауджыдæр нæу. Куыддæр мæ «камандировкæйы» æмгъуыд фæуа, афтæ æппæты фыццаг демæ æмбæлдзынæн. 5. ХÆСТ Хату, Æф æмæ Æм фæсфæдты фæраст еты. Æмбæнд- ты сæрты атахтысты мæргътау. Бырутыл суадысты мыстулджытау. Цæхæрадæттыл сæхй систой. «Джа- гайыл æууæнк нæй. Иугæр бабамæ лæбуры, уæд æм хæцæнгарз ис’ Нæ ныл бацауæрддзæн< Æрбагæрах -нæ кæндзæн! Нана-хур- зæрииы куыд æрбагæрах кодта, афтæ!» — Хату фæзылд æмæ< йæ хæлæрттæм фæсидт: — Æф! Æм! Æввахс мæм лæуут æмæ цырд кæсут фæйнæр- дæм! — Гъы-ы-ыгъ-гъ-гъ! Хъусæм æмæ кæсæм! — загъта Æм. — Æмæ смудгæ дæр кæнæм! — загъта Æф. — Æмæ Джайыл куы никуы фембæлдыстут, уæд æй йе.сма- гæй куыд базондз’ыстут? — лидзгæлидзын афарста Хату. — Йæ тæфæй! Æ’цæгæлон гæбæр уды хъылма тæф мæсты куыдзы æмбудæнты сыидзау ныхсы! — загъта ’Æм. — Нæ йæ зоиыс, афтæмæй дын йæ буары тæф де ’фсæртæ ахъæбæр кæндзынæп,— загъта Æф. Уынгтæ сафтид сты æнтæфы. Змæлæг никæцæй зынд. Æр- мæст-иу хатт автомашинæтæ ныууадысты-сæ иувæрсты. Тæвды тад асфальтыл-иу сæ цæлхыты сæр-сæр ссыд. Куыд февзæрд Джага сахары? Ахæстонæй ралыгъд, æви йæ суазгъд кодтой? Нæ, ахæм цыбыр æмгъуыдмæ йæ уæгъд не скод- таиккой. Уый æнæмæнг лидзгæ ракодта,фæлæ йæхи хъæппæри- сæй ралыгъд? Æви йын йæ хъузæттæ радтой ахæм тæссаг хæс? Ома кæд æцæг сырхгоппа дæ, уæд дæ фæлладуадзæн дачæйæ дæхи айс æмæ дæ балгъитæгимæ сæмбæл боп-сихорафон. Кæнæ искуы куысты ныллæуу æмæ фрæйæры къæбæр æфтъæр. Дзе- рассæйы куы амардта, уæд ахæстоны йæ хъузонтæн раппæлыд: «Сæрджын сагмæ хъавыдтæн æмæ мын йæ рæсугъд хъуаз фæ- куырис Цæй, иу фрæйæры сылыкъахы схардз кæныны тыххæй сырхгоппаты дуне сауты мидæг пæ абырдзæн. Згæ æфсæйна- джы,къæртт бирæ нæ февдæрздзынæн мæ хъозитæй. Уыцы фæ- дысмудæг мып йæхи удæй бафиддзæн мæ мыдултæ хæдоны аргъ. Æз мæ дзырдтæ лæхурæджы аргъыл нæ уæй кæнын. Мæ- 44
пæн мæ алы сулæфт дæс хъыррыстгæнаджы* аргъ у. Уый уæхи хъоппæджытæй фендзыстут тагъд». Уыцы хабар фехъуыста Уасо йæхæдæг æмæ йæ хынджылæггæнгæ рахаба’р кодта Хату- йæн. Уасо Джагайы æртхъирæнтæ ницæмæ дардта. Куы-ну сæ æрымысыд, уæд-иу худтис. Хату та-иу йæхимидæг стыхст æмæ- иу хъуыдыты адзæгъæл. Кæм бафидын кæпдзæн Джага йæ бла- ты скъуыд хæдоны аргъ Уасойæн? Хæдзары, уыиджы, æви йæ куысты? Науæд ын æй цы хуызы «бафидын кæндзæн? Иæмыгæн йæ амардзæн? Кардæй йæ ныррæхойдзæн? Ауындзгæ йæ æркæн- дзæн? Æви йæ къухæй ныххурх кæпдзæн? Ахæм фарстыты сырх- гоппатæн сæ зæрдæйы фæндоныл дæуыны бар нæй. Сæ хæс- джыны-иу «схардз кодтой» сæ къуыдипп раздзогты уыпаффæйы амындæй. Сæхи фæпдопыл-иу куы ацыдысты, уæд-иу сын сæ сырхгоппон куыст нæ банымадтой. Уыцы æхсæв Джага рудзын- гæй æрбалæбурдта йæ тызмæг раздзогты амындæй. Уасойы ка- ратэйы дæсныйад зонгæйæ, йæхæдæг ахæм тæссаг мимæ йæ иыфс иæ баластаид. Уыдон хатыртæ нæ зыдтой. Сæ цардуаджы фæтк-иу сып чи фехæлдта, уымæн-иу йæ хæс бафидын ’кодтой йæ тугæй. Сызгъæринты дукаииты хъуыддаджы фæстæ Джага тынг сæгад и. Йæхи загъдау, йæ сырхгоппоп цард фрæйæры царды уагмæ æрхауд. Йæ хъузонтæ йыл сæ къух систой. Ахасстонмæ пып йæ «сырхгоппои хай» не ’рзыстой. Æркастысты йæм уæлс- пæ дæлæмæ. «Къуырттон карчы» ном ыл сæвæрдтой æмæ йæ дардæй^ардыдтой Уасойыл. Фæлæ йып кæдæм ацамыдтой? Кæм сын уыдзæн æхцон сæ хæс райсын? Фæлæ йæ куыд аиуварс кæна? Уый рауайдзæн, «гакджын сырхгоппаты» куыд бафæн- да, афтæ. — Æф! Æм! Гыццыл ма фæлæуут ам! — Хату дзыхълæуд фæкодта фæзилæны. — Хъы-ы-ыгъ-гъ-гъ! Суыдтай йæ? — афарста Æф. ’ — Гъы-ы-ыгъ-гъ-гъ! Йæ буары хъылма смаг дып де ’мбу- дæнтæ ны’ццавта? — афарста Æм. — Нæ,— загъта Хату. — Уæдæ нæ цæмæп фæурæдтай? Дæ дзæмбытæ æрлæмæгъ сты? — Кæд лæ риу артæй айдзаг? Уæдæ де ’взаг цæмæннæ ’æр- ластай? — Æф йæ дæндæгтæ хæстмондагæй æркъæпп ласта. — Нæ, мæ дзæм’бытæ пс ’рлæмæгъ сты, мæ хуылф артæй иæ апдзаг. 1 Хъыррыстгæнаг — афтæ хонынц къæрныхтæ дæс туманы æмхæстæй. 45
— Уæдæ æмбисвæидагыл цымæн æрлæууыдыстæм? — хынц- фарст бакодта Æм. I — Нæ балц раст пе спывæзтам,— тызмæггомау загъта Хату. — Кæм фæрæдыдыстæм?— Æф Хатумæ бауырдыг тызмæг пъырыстыфау. — Ома, Джа хорз куыдзы мыггаг у æмæ йæм фæлæбурын пæ хъæуы? — Æм быитон сцымыдис. —* Джага гæбæр куыдзы мыггаг у æмæ йæм æнæмæнг хъуа- мæ фæлæбурæм, йæхæдæг пыртæккæ пе ’рбалæбурдзæп махмæ. Хаиджери фæрæдыд æмæ мах дæр фæрæдиин кодта. — Уæдæ кæд æрбалæбурдзæн? — Æф гæппæввонг ссис. — Изæры, (Талыыджы,— загъта Хату куыдзы æвзагыл. — Цæугæ ныр милицæмæ æмæ Джагайы ссарæм! Цырд кæ- сут фæйпæрдæм! Уыцы гæбæр куыдз нæ иувæрсты ма ныссыл- лынг кæиæд! — Хату йæ хъуыды балхынцъ кодта. «Ау, Джагайы хабар пырма ничи зоны милпцæйы? Æгас са- хары йæ пыхмæ æрмæст не ’ртæ аззадыстæм? Нана-хурзæрины амарыпы тыххæн йæм цыппар азæй фылдæр не ’рхауд? Куыд тагъд æй рауагътой ахæстонæй? Кæд лидзгæ ракодта, уæд ми- лицæ кæм и? Джага йæхæдæг цæмæн цæуы йæ риуы æмбæрц? Ахæм тæрхон ын скодтой йæ «гакджын раздзæуæгтæ»? Æви йып хъомысджып æххуысгæнджытæ ис?» Сырхгоппатæй ахæм «хицау» кæмæн фæзыны, уый фæхо- нынц «къуыртты карк», «сексот», «стукач», кæнæ та «авд хи- цауады хæтой». Джагамæ кæд йæ хъузонты зæрдæ фæхъæбæр, уæддæр ын ахæм нæмттæй фидис иæма кодтой. Хату сахар зыдта йæ армытъæпæнау. Ома йын йæ цымыдис алцы хъахъæнын кодта æмæ сæ уымæн зыдта? Цой Банæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста: хъуыды хорз куы куса, уæд цæст цырд кæсы. Афтæ йын амыдта йæ ахуыргæнæг. Ныр йæ фæпдаг сахары стыр цæхæрадопыл акодта. Горькнйы уынджы февзæрд æмæ дыууæрдæм ахъахъæдта. Горькнйы уынг аивæзт цæхæрадоны ^кæрæтты. Иæ иу кæрон ныккомкоммæ райкомы æртæ уæладзыгон бæстыхаймæ. Иннæ бахæццæ сахары ныгуылæн арæны онг. Райкомæй Хатуйы опг йæ галиу фарс ныррæгъ сты дарæс хуыйæп æрм’адз, хæлцы ду- каии æмæ хъуымæцты магазин. Йæ рахиз фарс ын бацахста райопы тæккæ стырдæр ресторап йæ пывфыст сквср æмæ бæгæ- ныдонпмæ. Цæлгæнæн хатæиты æддейæ ресторанæн уыд сусæг уаттæ дæр. Уыцы сусæг уатты хабар ничи зыдта, чи сæ пайда код^та, уыдон йеддæмæ. Республикæйы алы къуымтæй уырдæм цыдысты гæртамхортæ, партион бодзтæ, хæтаг сылтæ, закъоны къæрпыхтæ, къамтæй хъазæг фæлитойтæ, дæсныфæрсджытæ... 46
рсстораны директорæн-иу бирæ æхца бафыстой. Сæхиуыл-иу дуæрттæ рахгæдтой. Нозт-иу анцъыхтой, афтæмæй-иу арæзтой сæ сау хъуыддæгтæ. Уасо-иу дзырдта Хатуйæп. Уыцы хатæнты чи фæбады/уый алчидæр зоны, фæлæ сын нырма нæ бон ницы у, зæгъгæ. Хату ныртæккæ кæм" лæууыд, уымæй фалæмæ Горькийы уынджы дыууæ фарс пыррæгъ сты прокуратурæ, милицæ, тæр- хондон, астæуккаг скъола æмæ ДОСААФ-ы ахуыргæнæндон. Сырхгоппатæй-иу- ахæстонæй чи ралыгъд, уый-иу йæ фæндаг акодта уыцы сыхмæ. Ома мын фæдысмудджытæ сæ тæккæ цæс- ты раз уæвыпы æихъæл пæ уыдзысты æмæ искуы къуымы бад- дзынæн æнцад. Иннæрдыгæй та уырдæм цыдысты сæ сырхгоп- пон блатыл уæлæмæ схæцыны сæраипоид. Хату рестораны алфам’былæйтты милицæйы кусджытæй кæй- дæрты фæфиппайдта. Йæ зæрдæ фæкъæпп ласта. «Джагайы фæдыл зилынц? Æви æнæнхъæлæджы февзæрдысты ам? Ау, Хъыцъыйы фырт ардæм æрбацæуынмæ йæ пыфс бахастаид? Кæд уый ам и, уæд йæ хъузæттæй дæр исчитæ баддзæн бинаг хатæи- ты. Йæхи хъæппæрпсæй не ’рбацыдаид рестораны сыхмæ. Æвæц- гæгæи ып йæ «гакджып къокъосатæ» радтой ахæм хæс. Баба- йы абæрæг кæнын хъæуы. Уый фæстæ та бацагурдзынæн Джа- гайы!» — Æф! Æм! Милицæйы сыхырдæм цæугæ! Цырд кæсут! Куыддæр галиуырдæм фæзылдысты, афтæ Хату дзыхълæуд фæколта. Æф æмæ Æмы фæурæдта. Йæ уæнгтæ сгæв-гæв код- той. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ Джага тынг нæ фæивта йæ хуыз. Йæ сæры хъуынтæ, уызыны судзпнтау, арц слæууыдысты. Æвæц- нæгæн мидæгæй кæимæ дзырдта, уыдонимæ йæ пыхас дæрзæг уыди. Æваст æддæмæ ралиуырдта. Йе ’иæхсæст иæсгомыл — тугдзых сырды иæрæмопдзииалы фæд. Иæ бурбып ссыры ферт- тывд ын йе ’игæс тынгдæр ссырдоп кодта. Ацы дзæгæрæггæнæг æнтæфы «болонья» къандзол цæмæн скодта, уый зопы Хату. Уыцы къапдзолы мндæгæй бамбæхста йæ ливор. Цъæх джинс хæлаф æмæ «Адидасы» урс дзабыртæ йыл. Хатуйы хъуыдыйы афтæмæй баззад. Цыма уыцы æхсæвæй фæстæмæ йæ дарæс пæ раивта. Цыма рудзыпгæй æрхызт ныр- тæккæ. Хæс пикæмæй дары. Бопыгон лекка кæпы сахары. — Æф! Æм! Уæртæ и, уæртæ! — Хатуйæн йæ ком ахус. — Йæ буары æмбыд тæф мыи ме ’мбудæнтæ пыццавта. Мæ лалзиитæ адæнгæл сты. Æз цæуын хæцынмæ! — Æф йе ’пдон дзæмбытæй зæхх ахафта. — Фæлæуу, Æф. Афтæмæй дын цæуæп нæй! — фæурæдта йæ Хату. 47
— Цæуыниæ? — Джагайæн йæ къапдзолы мидæгæй ливор ис. Уайтагъд дæ æрбахсдзæн. — Хъы-ы-ы-гъ-гъ-гъ! Уалынмæ йын æз йæ хъихъыр мæ дзы- хы акæндзыпæн æмæ йып æй бавдæрздзынæн. — Æвдæрзгæ йæ æз дæр бакæнип, фæлæ мæ йæ амарын нæ фæнды. — Уæдæ йын цы кæпæм, цы? — спыхс и Æм. — Уа йæ куыд æрцахста, афтæ нæ хъуамæ æрцахсæм. Джа- гайы хуызæттæм уый æгаддæр кæсы! — Кæд афтæ у, уæд ыл æз мæхи ныццæвдзыпæп æмæ йæ бандзыг кæндзынæн иу фæлæбурдæй! — загъта Æф. ^ — Мыййаг æй æвиппайды куынæ бандзыг кæнай æмæ дæ куы фсхса! — фæгуырысхо и Æм. — Уæдæ йæм’ куыд фæлæбурæм? — афарста Æф. — Хъуамæ йæм фæлæбурæм æмзоидæй, æмдыхæй. Кæннод нæ йæ ливорæй æрбапсафдзæн. Уæртæ фæцæуы æмæ мах дæр йæ фæдыл ацæуæм. Сусæгæй йæ бахъахъæнæм æмæ сархайæм уавæртæм гæсгæ. Фæстæты йæм кæй хъæуы фæлæбурын, уый ма ферох ■кæпут! ’ I — Ха, фæстæты лæбурынц гæбæр куыйтæ. Мах та стæм лæг- тæ! — бафиппайдта Æф. — Разæй йæм чи фæлæбура, ууыл йæ ливор суадздзæп. Æф, хæсты алы хатт нæ фидауынц лæджы уæздап митæ. Хæстæи йæхи закъоптæ и.— Хату фæраст. Джага фæцæйхæццæ кодта сахары арвысхъауæджы опг. Фа- растуæладзыгон бæстыхай арвысхъауæг хуыдтой, райоиы уы- мæй бæрзонддæр хæдзар кæй пæ уыд, уыи тыххæй. Фоидз ба- пæуæны йыи уыд. Бацæуæнтæ иууылдæр уыдысты дыууæрдæм. Йæ фаллаг фарсмæ-иу ахизын кæй бахъуыд, уый-иу кæцыфæн- ды дуарæй мидæмæ бахызт æмæ-иу февзæрд Коммунарты уын- джы. — Уымæй хуыздæр ран не ссардзыстæм. Джага фæпдзæм луармæ куы фæцæйхæццæ кæна, уæд ыл Æм йæхи ныццæвæд. Иæ дарæсæй йын чъепс стонæд. Сырхгоппайы йæ фæдыл ра- сайæд фаллаг фарсмæ. Зон, Æм, йе ’муд æрцæуын æй куы ба- уадзан, уæд дæ æрбаййафдзæн. Цæст дыл куыннæ ’рхæца, аф- тæ фæлæбур æмæ ра’лидз!—Хату йæ ныхас фæцис æмæ цып- пæрæм бацæуæны смидæг Æфимæ. ; — Ха, фæлтау мæн куы ауагътаис, уæд рæвдздæр рауадаид нæ хъуыддаг. Æм чызг у æмæ мыййаг куы фæкъуыхцы уа, уы- мæй тæрсын! — загъта лидзгæ-лидзын Æф. 48
— Хæдзары фаллаг фарс нæм æнхъæлмæ кæсы æцæг лæ- джы хъуыддаг. Æмæ уымæп арвыстон Джагайы фæдыл. Уым ’бахъæудзысты цыргъ дæидæгтæ æмæ цырд къæхтæ. Ам та нæ бахъæудзысты хъандзал бæрзæйтæ, æфсæн дзæмбытæ, цырд цæстытæ æмæ сасари ссы’ртæ. — Уыдæттæ мæнæй! — Скæс ма, дыккаг уæладзыджы асины сæрмæ цы дур фæ- зыг и, уымæ. Суыдтай йæ дæ дардуыпаг цæстытæй? Уыцы фæ- зыджы бакомкоммæ’бацæуæны рудзыпджы æвгтæ иууылдæр’ сты цъæлтæ. Уæлæмæ схиз, рудзынджы цур æрныгъуыл æмæ цырд кæс! Лæг дæ, саразып цы хъæуы, уый дæхæдæг базоидзы- пæ. Тагъд ацу, къуылымпы мауал кæи! Æз дæм арвысхъауæг хæдзары фаллаг фарс æнхъæлмæ кæсдзыпæн! Æм дзæбæх куы фæлæбура, уæд Джага, æрра куыдзау, хъуамæ æрбасыффытт кæиа дæ тæккæ <быпты! — Хъæ-æ-æ-гъ:гъ-гъ! Уæд-иу æй мæ >бар уадз! Æм Джагайы фæдыл бахъуызыд æнæсыбырттæй. Сырхгоп- па лæцпу фæндзæм дуармæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд ыл фæстейæ йæхи ныццавта дæлимонау. Йæ джинс-хæлафы ком- дæлмæ йын фæлæбурдта дæпдагæй. Йе ссырæй кæмдæр къæр- ныхы хъæбæр царм æрдаудта. — И-й-й-æ-æ-æ-х-х-х, ацы дæлимон мып мæ тъæнгтæ калы! — фыртасæй фæбогъ кодта Джага. Фæуадзыг кæнынмæ йæ би- рæ нал бахъуыд. Йæ ливор дзы айрох, Æм ын йæ хæлафы ком- дæл рарæдывта. Цъæх хъуымацы гæппæл йæ дзыхы аскъæфта æмæ цыппæрæм бацæуæпы смидæг. — Æдт, дæ холлаггæпæджы!..— Джага йæ галиу к7>ухæй йе скъуыд комдæл ацахста. Йæ рахиз къухæй йæ ливор фелвæста. Цыдæр æнахуыр хъыллистгæигæ размæ йæхп аппæрста, фæлæ Æм фæтары ис дæлимонау. Асины алфамбылай нæ куынæ ссард- та, уæд фаллаг дуарæй Коммунарты уыпгмæ алиуырдта. Уалыи- мæ Æф, рудзынгæй асæррæтт ласта æмæ атахт маргъау. Ливор уæлæмæ хъилæй цы къух дардта, уымæн йæ хъул тæхгæ-тæхын ацахста æмæ Джагайы сæрыл æрхауд. Хæцæнгарз æртæ гæра- хы фæокодта æмæ бетоныл йæ тъæпп фæцыд. Джага йæхн нæ баурæдта æмæ уæлгоммæ ахауд. Æф æрвæрттывдау фестъæл- фыд æмæ йæ риуыл февзæрд. Р1æ мукъутæм ып пыхъхъавыд. Сырхгоппа лæппу Æфы хурхмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта. Ахъаззаг æй нылхъывта. йæ хыр-хыр ын куы суагъта, уæд æй иу фæриуыгъдæн иæ быпы æркодта. Йæ иу къухæй йып йæ сæр асфальтмæ нылхъывта. Йе ’нпæ къухæй ливормæ авнæлдта, фæлæ æвиппайды хæцæнгарз иуварс асхъиудта. — Джага! — Хатуйы цъæхснаг хъæрахст азæлыд. ^р* 4 Мах дуг № 2—3 49
Уалынмæ Æф йе знаджы бынæй йæхи стыдта æмæ та йыл йæхи ныццавта. Кæцæйдæр æрбасхъиудта Æм дæр, фæлæ сыл Хату фæхъæр кодта: — Иуфарс алæуут æмæ йæ мæ бар уадзут! Джага се ’ртæйы иумæ куы ауыдта, уæд йæ хæлафы ком- дæлыл хæцгæ сыстад. — Уæу, мæнæ Æгъуызаты Уасойæн цы хъæхъаг куыйтæ и! — йæ дзырд конд нæма фæцис, афтæмæй портиау фæхауд. Йæ ливорырдæм йæхи уыциу зыввытт фæкодта. Хату йæ разæй фæ- цис. — Ку-у-у!—Хатуйы тохы сидт уыд кæрддзæмæй æлвæст карды ферттывды хуызæн. Уæлдæфмæ йæхн систа тымбылæй. Джагайы тæккæ сæрмæ æвиппайды февзæрд. Къæрныхы тæп- тæ йæ къæхты бырыпчъытæй окъуырдта. Уæлгоммæ йыи йæ уæлхъ фæцæуыи кодта зæххыл. Æф æмæ йæм Æм сæхи бас- къæрдтой. Йæ уæлæ, хъыр-хъыргæнгæ, абадтысты, фæлæ та сæ Хату фæурæдта: — Мæхи мып бауадзут! Джага уаллонау стæлфыд зæххыл. Æф æмæ Æм йæ уæл- хъус алæууыдысты. Хæстмондагæй йыл сæ сæт æруагътой.« Къæрных æнæнхъæлæджы айтынг, фестад. Йе скъуыд хæ- лафыл уæлæмæ схæцыд. Йæ армытъæпæнтæ йæ фæрстыл схаф- та. Йæхи слæмæрста, фæхъихъ ласта: — Й-й-й-æ-æ-æ-х-æ-х-х, уæдæ та мын хъуыддагæн æиæба- хуылыдз гæнæн нал ис? Æдт, фрæйæр фæдысмудæджы куырм къæбыла! — Джага æрра куыдзы хуызæн ссис. — Кй:й-й-æ-æ-æ! — Хатуйы хъæлæс тæвд уæлдæф акарста. Ие змæлдыл цæст нæ хæцыд. Ферттывта-иу æмæ та-иу атад. Джага йæм йæхи баскъæрдта тугдзых фырапкау. Уый-иу фæ- цыдæр æмæ та-иу æй ныццавта. Хату фæкъул и. Йæ галиу къух зæххы фæсагъта. Йæ рахиз къахы бырыпкъæй Джагайы фарсы тæнæг бацавта. Сырхгоп- понæн йæ улæфæнтæ ахгæдтой. Хату йын йæ фатхъулы хъæ- бæрæй йæ къæбутыл ралæууыд. Фыдгæнæг æрхауд. — Джага, уæлæмæ сыст! Абон дын иана-хурзæрины мæлæ- ты хæс æпæбафидгæ нæй! ’ — Чи мын æй бафидын кæпдзæн? Уасойы фрæйæр, æви дæ хуызæп дзыпга? — Джага зæххæй йæхи уыциу рæдывд скодта. Тугдзыд сырдау, йæ сæт калгæ, атахт. Фæлæ милицæйы бур машинæйы æрвхуыз уадздзаг йæ хъуыдыйыл фæрипкау æруад. !Дуæртты къуырма хъæр ын йæ къæмисæнтæ ныххоста. Фоп- дзæй æртыхстысты йæ алыварс. Фондзæй иу уыд, Джагайæн йæ сырхгоппа иом чп бамыдул кодта, уый. Йæ уыигæг хæлаф пæ 50
снны сæрмæ æлхъывдæй лæууыд йæ уæлæ. Милицæйы кусджы- тæ йын æй рæдывдæй куы ауыдтой, уæд бахудтысты. — Æдт, Джага, дæ амонд дыл хæрамæй разылд. Сабитæ дæ пæмыпц, куыйтæ дын дæ фæстаг æмбис дæндагæй рæдувынц. Кæй ма хъæуыс ахæм хуызы? — сырхгоппаты хъæлæсыуагæй загъта Уасо. — Нæ та дæм æрбахæццæ дæп! — Джага Уасомæ скаст æмæ йæ сырдон цæсгом туджы азылд. — Кæд мæм æрбахæццæ уыдзынæ? Дæ фыд Хъыцъы Аме- ричы президент куы суа, уæд мæм æрбахæццæ уыдзынæ? — Уасо Джагайы тæккæ раз слæууыд. — Мæнæ дын дæ хъæхъаг хъæвдыпы дæр дæ сылы фæдыл куы арвитои æмæ дæ разы куы пичиуал слæууа, уæд.— Джага йæ дзыхы иу кæрон фæзыхъыр кодта, фæлæ йын бахудыи пæ бантыст. Уасойæн фырмæстæй йæ цæсгом асау. Джагайы куыд ыыц- цавта, уый ничи бафиппайдта пæ кусджытæй. Æрмæст Хату йæ каратисты цырд иæстæй ацахста, йæ фьтды къух, æрвæрт- тьгвды рæхысау, куыд фестъæлфыд æмæ йæ фæдыл бур тæлм куЫд фæуагъта, уый. Джага хъæды лыггагау ахауд. — Дæ дзырд-иу баууил æмæ-иуæй афтæмæй суадз дæ дзы- хæй! — Майор!.. æви булкъон! Ахст лæджы кæй нæмыс, уый дып иæ ныббардзысты пæ дзæбæх закъæттæ! — Джага тугхæццæ сæт рату кодта æмæ йæ уæлармæй йæ былтæ асæрфта. — Дæуæи майдантæ ратдзысты, ахæстопæй кæй рацъыкк ластай æмæ бон-сихорафон сахары уынгты дæ сармадзапæй сабитыл цуан кæй кæныс, уый тыххæй? — Сырхгоппа йæхи куы радта, уæд фæдысмудæджы хæс у йæ хъахъæнын! Ды та дæ дзæмбытæ суагътай! . — Хъахъæнгæ иæ, фæлæ дыи дæ афтид куысыфтæг мæнæ уыцы къухы тигъæй куы æрдауоп, уæд дæ пыффаддзынæп суапг дæ хуылыдз саджилы онг! — Уасо Джагайæн йæ цонгмæ фæлæ- бурдта. Къæрных йæ мидбынаты цъилау ныззылд æмæ тымбы- лæй атылд. — Багъæц, иууыл дæ рæстæг нæ уыдзæн! Иокуы та мæ рад ралæудзæн æмæ уын уæд уæ каратэ нал баххуыс кæпдзæп! Уæд та кæд схуыфид мæ сармадзан! Кæд уыи уæ хъоппæджыты рухс акæсын кæнин! Йæх-х-х, мæ хуылфы дзаума мыи куыд бав- дæрзтой уæртæ уыцы куыйтæ! — Джагайæн йæ сæт йæ былтыл æрзæбул. — Æнæ ’каратэ нæ ницы æнхъæл дæ? Уый куынæ уа, уæд ды Хъарабогълы дæ æмæ мах та чъырттымтæ стæм? 4* 51
. — Чъырттымтæ кæй стут, уый уын равдыстон æмæ та уын’ æй равдисдзынæн тагъд! — Джага ачъыртт кодта æмæ’йæ хæ- лаф сивæзта. ’ ’ ’ — Иугæр æнæкаратэ мах чъырттымтæ стæм æмæ ды та дæ сармадзанимæ тыхджын дæ, уæд, табуафси, кæрæдзи фепæм. Хъарабогълы дæхи цы ливоры фæрцы фенхъæлыс, уый дæ бар фæуæд,— æрæджиау загъта Уасо. , — Куыд, мæ сармадзаи мын мæ къухмæ раттыпмæ хъавыс, æмбал булкъон? — фæджихау Джага. — Къуыдаргомы стонг бирæгътæ де ’мбæлттæ, фæлæ дæм æй цæуылпæ хъуамæ, радтон? Нарты Сосланау мын рæстдзæвин дæ исты? Уасо Джагайы ливор систа зæххæй. Йæ нæмгуытæ йын скалдта. Йæ пæмыгдоны йын иыууагъта иу гилдз. Стæй спста йæхи «Макаров». Ныууагъта дзы иу гилдз. Хæцæнгæрзтæ радта йæ хæдивæг Гæззаты Цыборсмæ. — Æмбал булкъон, лæгæй-лæгмæ хæстыты дуг^гæ раджы аивгъуыдтой! Размæцыд соцнализмы дуджы уый цы ми кæныс? — майор Гæззаты Цыборс фæуыргъуыйау. Ливортыл уæлæмæ схæцыд, цыма йæ къухы хилджытæ уыд. — Фæлæуу, Цыборс, Джагайы хуызæн налаттæн сæ куыдзы быпæттæм сæхи амæлттæй куы ацамонæм, уæд уый тынгдæр фæахъаз уыдзæп! — загъта Уасо æмæ Джагамæ фæзылд: — Фынддæс метры анымайдзыстæм æмæ йæ фæйнæ кæрон илæу- дзыстæм кæрæдзийы ныхмæ. Майор Гæззаты Цыборс дып нæ сармадзантæ æрбахæсдзæн уырдæм æмæ нын сæ æд хуымпъыр- тæ нæ астæутыл æрбабæтдзæн уым. Стæй фондзæй ранымай- дзæн фæстæмæ. Куыддæр йæ дзыхæй «иу» схауа, афтæ фехс- дзыстæм. Æмгъуыдæй раздæр фехсыны фæнд куыддæр скæнай, афтæ дæ афтид куысыфтæджы рухс акæсдзæн! Мæнæй дын хуылыдз тæпп саразыиы фадат ис æмæ дзы спайдæ кæн! Æз дыл нæ бацауæрддзынæн! Джагайæн йæ цæстытæ ралиуырынæввопг систы. Йæ бинаг был стæлфыд, йе ’фсæр æрхауд. — Булкъон, иу хуылыдз хъуыддагæй иæма фервæзтæн, æмæ мып иннæ ме ’ккой скæнынмæ хъавыс? — Алæс, кæдæм дын загътон, уырдæм! Дæ гобан уал басур кæн, хуылыдз хъуыддаджы хицау! — Æмбал булкъон, пыууадз дæ дуэль, адæм ныл фæхуд- ;дзысты! — загъта майор Гæззаты Цыборс. 1 — Цыборс, анымай фынддæс метры æмæ пыууадз дæ раз- мæцыд социализмы иыхæстæ! Джага бынмиз фрæйæр кæй у, уый базопдзысты пыртæккæ йæ сырхгоппа хицæуттæ! 52
Хату сæм джихæй каст. Нæ йæ уырныдта. йæхи фыны æп- хъæлдта. Америкаг кшюты ковбойты хæсты нывтæ йæхп цæс- тæй фепдзæн, уый æнхъæл иæ уыд. — Баба, наиа-хурзæрипы æхсæв дæ ферох и? Джага дæуыл дæр нæ бацауæрддзæн, цы мн кæныс? — йæ фыдмæ йæхи бап- пæрста, фæлæ йыл Уасо иуварс уæздаы ахæцыд. — Иæ хæцæигарз ын йæ къухæй куынæ атæхып кодтаик- кат, уæд сымахыл бацауæрстаид? Æви мæн уæхицæй къаддæр æнхъæлут Æф æмæ Æмимæ? Джага сылгоймæгты марыпмаё хæссы йæ ныфс. Нæлгоймæгты нæ баййафдзæн йæ пæмыг. Ба- уадз ’мæ! Дæ хивæнд мийæ мæ хивæпд ми тæссагдæр пæу. Цы- борс, анымай фынддæс метры! Гæззаты Цыборс фыиддæс Метры аиымадта. Сæ лнвортæ сын æдхуымпъыртæ сæ уæлæ æрцауыгъта.’Фехсыиы нысан рат- тыиы агъоммæ иугуыр къулмæ акаст æмæ загъта сусæгæй: — Æмбал булкъон, дæ нæмыг куы фæивгъуьшай, уæд дын æй бауромдзæн агдоны -иугуыр къул. Джагайæн куы адзæгъæл уа, уæд æй,уымæн та цы бауромдзæн? Чердæм ын атæхдзæн æмæ йын кæуыл сныдзæвдзæн? — Джагайæн йæ иæмыг нæ адзæгъæл уыдзæп! — тызмæг- * гомау загъта Уасо. — Дæ ныхас дыи куыд бамбарон? Уый дæуæй рæстдзæвии- дæр у, æви?.. — Джагайæн фехсын нæ бантысдзæн! Æрнымай фондзæп иумæ! — загъта Уасо. •’— Хорз, æрнымайдзынæп, фæлæ... Фондз! Цыппар! Æртæ! Дыууæ! Иу! Гæрах! Сæ фезмæлдыл сын цæст нæ хæцыд. Иу гæрах фæцыд. Тудж- джынтæп кæцыдæр фæкъуыхцы и. Фæлæ сæ дыууæ дæр сæ мид- быпæтты лæууыдысты цардæгасæй. ,Уасо йæ ливор æфснайдта йæ хуымпъыры. Джага та лæууыд, йæ рахиз цонг уæлæмæ хъи- лæй баззад, афтæмæй. Æрмæст йæ къух уыд афтид, йæ ливор фæцыдæр. Йе схъистæ чердæм фæхаудысты, уый ничи фæфип- пайдта. Джага æрвдзæфау фæцис. Ома мæ ацы фрæйæр фæдысму- дæг куыд фсгад кодта. Уæлдзæхы йæхицæн бынат нал ардта. Дæлгоммæ ныффæлдæхт æмæ зæхх ныххоста йæ дыууæ къухæй. Ау, йе сæфт Æгъуызаты Уасойæ хъуамæ æрцæуа? Сырхгоппа- ты раз згæ æфсæйнаджы къæртт уыцы фрæйæры фыдæй хъуа- мæ æхсына йæ хъозитæй? ,Цæй лæг ма у уый фæстæ? Дæнда- гæй фæлæбурдта æмæ йæ дзых сыджытæй айдзаг кодта. Ног- гуырд род дæ, Джага, иоггуырд род! Уæртæ дыи уыцы фрæйæ- ры хъыбыл дæ цæсгомы скъуыды мидæг фæдæг батъыста! Йæ 53
куыйтимæ дæ къæбутыл æрхауд. Хъусджып хæрæгау дæ асйъ- æрдта æмæ дын ацамыдта: «бадæй æмæ бахуысс!» Хату æппынфæстаг йæхи нал баурæдта. Йæ фыды хъуырыл ацауындзæг æмæ кыккуыдта хæрз чысыл сабиау. Æф æмæ Æм сæ дыууæмæ джихæй кастысты æмæ фырцинæй сæ былтæ сдæрдтой. — Джага, ды æппындæр никуы слæг уыдзынæ! — сырхгоп- пайы мастыл цæхх айзæрста лæппу. — Йæ бынатмæ йæ нылласут! Æрмæст ын йæ гобан басга- рут! Дысонæй фæстæмæ йын хуылыдз ма ,уæд! Ахсæв хуылы- дзыл, ма ’схуыссæд! — Уасо йæ фырты ныхæстæ тынгдæр фæ- цæхджын кбдта. — Й-й-й-æ-æ-æ-х-х-х, булкъон, æз мæ хæс бафиддзынæн. Сау къамтæ ракалыпмæ хорз арæхсыс, фæлæ та Джага дæр кæд сарæхсид! Й-й-й-æ-æ-æ-х-х-х, мæ хуылфы дзауматæ мын куыд ныфтъæрдтой дæ хъæхъаг куыйтæ! Уасо йын хъуыста йæ дæндæгты къæс-къæс, фæлæ йæм нæ» фæкаст. Хатуйы каратэйы фæлтæрд къухыл фидар хæцыд æмæ цыди цырд. 6. ЦЫППАРÆЙ ИУМÆ Лæгдзинадæй йыл фæтых сты, фæлæ сæхицæй разы нæ уыдысты. Чи у?1 Лæгæй-лæгмæ хæсты аккаг у? Æви æлгъаг хилæгмæ февнæлдтой æваст æмæ сæ къухтæ самæстысты чъизийы? Дзерассæйы уайдзæфы хъæр сыл ныззæ- ланг кодта: хорз æмæ ’уын æвзæр фæхæццæ сты, уæ рæдыдæй мып Джагайы нæмыджы цæф дуды. Уый уыд сæ тæрхонгæнæг зæд. Уый цæстæй барстой сæ алы къахдзæф. Æ,мæ иугæр разы нæ уыд, уæд байдзаг сты сæ рухс удтæ талыиг æмæ хъынцъы-. мæй. Æмæ фæцæйцыдысты цырд. Цыма сæ фæстейæ исчи ра- цæйсырдта. Фæзилæнмæ (бахæццæ сты, фæлæ хæдзармæ нæ фездæхты- сты. Фæндаджы кæрон сæ хъуыдыйы сыгъди сырх-сырхидæй. Зæринхуыз артьГ æвзæгты змæлд зынди дардмæ. Кæдæм цыды- сты, уый сæ куыдзы зондæй| хатыдысты Æф æмæ Æм дæр. Уы- цы сыгъдæгранмæ бацæудзысты. Кæд æбуалгъы рæдыд нæ фæ- кодтой, уæд сын сæ удты уæззау уаргъ сисдзæн се ’ппæты стыр- дæр тæрхонгæнæг. Деттæ уæ ’къухтæ цæхсут æмæ мæ тæккæ ко^коммæ дуртыл абадут, зæгъгæ, сын зæгъдзæн. Æрбахуд- дзæп сæм уыцы фарсæй $цы фарсмæ. Йæ кæлæны мидбылхудт се уæгнты хъармæй ацæудзæн æмæ сып батавдзæн сæ удтæ. Цыппар азы дæргъы уымæй ,дæуы сæ царды фæтк. 54
Хатунæн йæ зæрдæ пыры хуызæн ийкуы сæикъуыст. Уасо ныхъхъус. Æф æмæ Æм* сæ фæйнæфæрсты цыдысты æнкъар- ’ дæй. " ■ ’ • * < «Цы у уый? Цы ’рцыди .æрдæбон? Чи фæуæлахиз? Нæ цæс- тыты раз иу хатт ферттывта адæГшаджы хуыз’ы æмæ нæ цæуыл- ■ дæрты фæгуырысхо кодта. Гуырысхо та, баба фæзæгъы, цæх- гæр нæ лыг кæны. Уæдæ,нæ чи басаста? Джага æви нæ гуырыс- хо? Иæхаедæг ныл куы фæтых уыдаид, уæд дызæрдгуытæ нæ кодтаид. Худгæйæ суагътаид йæ ливоры нæмгуытæ! Уыцы æх- сæв сæ рудзЬшгйей мидæмæ куыд æрбауагъта, -афтæ! Йæ къа- хы фындз&й ма нын иæ мæрдтæ дæр скъуырдтаид. Мах æй^иæ бавдæрзтам. Уый иæ æвдæрзы йæ бур-бурйд хъо^итæй. Уый бабайы хуызæн лæг никуы суыдзæи. Цæрдзæп, бирæгъау, æнæ- гуырысхойæ. Баба та бирæгъ не суыдзæн æмæ йæ хъыгдардзæн йæ гуырысхо. Цы у уый æмæ дзы цы рауайдзæн? Мах-иу ыл тых фæуыдзыстæм æмæ-иу уæлахизæй та уый хæтдзæн? Цы зæгъдзæн нана-хурзæрин? Йæ дæлейæ нæ дуртыл æрбадын кæн- дзæн? Зæгъдзæн иын, ком-коммæ кæсут æмæ уæм æз дæр кæ- сон, зæгъгæ? Банкъарын нын кæндзæн (йæ фæлмæн къухты хъарм? Кæм и царды рæстдзинад?» Цой Бап æрхмæст каратэйы сусæгдзинæдтæ нæ амыдта Хатуйæн. Уый йын амыдта зын уа- вæрты хъуыды кæнып дæр æмæ ,йæ уавæртæ нымадта хъомыл адæймагау. «Цæмæннæ йыл суагътон нæмыг? Сæфсон кодтаин: мили- цæйы кусджыты пыхмæ гæрзтæй хæцыд. Сыджыты хай кæй фæ- кодта, уымæн йæ ингæн зæддон рухсæй ныррухс уыдаид. Дис- саг у сæрдыгон хурбопы уыимæ талынджы февзæрын! Цырæгъ- ты бæсты нæ дыууæйæн дæр нæ къухты уыд хæцæнгæрзтæ. Уый адæймаджы æрдз пæу. Уый у бирæгъы хъæддаг ахаст!" Стæй арв ферттывта. Нæ(хъузджы талынг фæпырх. Рухсы тæмæиы нæ дыууæ кæрæдзийы ныхмæ разыпдыстæм æртхуыз хъæбыза- ты хуызæн. Æнус-æнусы æгæрон рæдзæ-мæдзæйы æртхуыз хъæ- бызатæ стæм, уæдæ цы стæм! Иуырдыгæй уый, иниæрдыгæй æз. Уый мæм æртхъирæн кодта йæ даргъ рихийæ. Æз дæрæм æрт- хъирæн кодтон >мæ бур-бурид хъæбызайы даргъ рихийæ. Дæргъ- æццоп æртхуыз рихитæй уыдыстæм ифтанг æмæ сæ мах та-æи^ хъæлдтам ливортæ. Æз фæразæй дæн æмæ мæ рихи уымæй цырддæр фæхъйл кодтон. Уый фæуыргъуыйау. Ие ’фсæйнаджы гæппæл .афоныл иæ фæцъортт.ласта. Йæ рихи фæдыдагъ. Мæн: мæ йæ джебогъау фæцараза, уый йæ къухы нæ бафтыд. Агъу- ды тæмæны йын йæ удхармæ кастæн æнæхъæн æнусы дæргъы/ Йе ’нарæхст архайд ын уыдтон æмæ йын тæригъæд дшдтон. Фæтæригъæд кодтон, æхсæвыгон худгæ дзуары чи æрбахста, 55
уымæп. Мæ къух æд æфсæйнаг хъилæй аззад. Цыдæр уысм. Иæ хæцæнгарз ын йæ дъухæй фæхауын кодтон. Фæлæ талынг хъузджы хуылфæй уый рабырыд уæлахизæй, æз та састæй. Цы у уый? Нæ дыууæ Хатуйæн нæ тыхы мидæг не ’дыхдзпнад рар- гом æмæуымæн та ,йе ’дыхдзинады йæ тых рабæрæг? Кæм ис царды рæстдзинад?» — хъуыды кодтаУасо цæугæ-цæуын. — Баба, дæ хæцæигарз дæ сæрмæ цæмæи асалд? Æнæхъæн минуты дæргъы цæмæн æнхъæлмæ кастæ? Нана-хурзæрины чи фехста, ууыл нæмыг цæуЫлнæ суагътай?—фарст цæхæры къæрт- тау судзы, арауы. — Йæ ливор ’кæд сисдзæп, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Уый та тæлфыд хызы кæфау. Джага æмæ йæ фыд Хъыцъы, тугдзых бирæгътау, ,кæй лæбурынц, уымæ (кæсгæйæ хъуамæ мах дæр бирæгътæ фестæм? Уый уал дьгн иу! Иннæ та...'Афтæ æпхъæлд- тон, цыма- Джагайæн йæ уд фелвасынæй йæ ливоры фæпырх . кæпын тыпгдæр фæахъаз уыдаид иæ хъуыддагæн. / • — Йæхæдæг дæуæй’ раздæр куы фел.вæстаид йæ хæцæнгарз, - ’ уæд та куыд рауадаид пæ хъуыддаг, баба? ’- ’ — Уæд та нæ хъуыддаг рауадаид, цыппар азы размæ нын æхсæвы талынджы куыд рауад, афтæ. Фæлæ уал уымæй дæхи бафæрс æмæ мын стæй æргом зæгъ. Дæхæдæг ыл цæмæн баца- уæрстай? Цæуылнæ йын æрфастай йæ гуыбыны тæнæгдæ къу- хæпгуылдзты цъуппытæй? Цæуыинæ йæ бавдæрзын кодтай Æф æмæ Æмæп? — Уасо цæхгæр афарста лæппуйы, фемдзаст æм. ’— Баба! — Хату йæ дзыхы дон тыххæйты аныхъуырдта.— Мæ хъуыды дын æргом куы зæгъон, уæд мæм фæхъыг уыдзы- стут ды æмæ паиа-хурзæрип. Дзидзидай род мæ схоидзыстут. Кæнæ та^мæ æппындæр нæ бамбардзыстут! . — Дзур, дзур, Хату! Кæд дьгн исчердæмты бамбари.ккам дæ хъуыды! — Уасо йæ чысыл фырты афтæ бацамидин «одта, цы- ма сæ тæккæ фарсмæ уыд, Хату æрдæбоп цы æртьгккаг уды кой скодта, уый. 1 , ■' Сосæвæпдагæй иуварс фæзылдысты. Фатхъæды тымбыл къу- тæрты æхсæнты фæцæуæг сты. -, > , . , — Джагайы фæдыл цæугæйæ не ’ртæ баныхас кодтам. Æм- вæндæй йын стæрхон кодтам бавдæрзын, фæлæ нын нæ фæн- дон фæивта иу æнæнхъæлæджы хъæр,— æппынфæстаг загъта Хату. \ — Цавæр хъæр? Кæй хъæр>—Уасо бирæ цæуылдæрты фæ- дисау, фæлæ уал æппæты фыц^аг ацахста Хатуйы фæстаг дзырд. — Джагайы хъæр. — Джагайы хъæр? 56
— Æз дьш куы дзкрдтоп, мæ хъуыды дып æргом куы зæгъ- ’он, уæд мæм. фæхъыг’ уыдзынæ, зæгъгæ! — Хату фæзылд, йæ фыд нымдзаст. — Нæн-нæ, хъыг дæм нæ фæдæн, фæлæ~дып Джагайьг хъæр куыд фæивыи крдта дæ фæндон?, Тæрсгæ дзы фæкодтай, æви?.. •— Нæ, баба,' тæрсгæ дзы нæ фæкодтои, тæригъæд ын фа> кодтои... ’ ’ — Кæмæн, Джатайæн? — Джагайæн...- — Цæмæн, цæй тыххæй? Уыцы æхсæвы талынджы Дзерас- сæйыл йæ ливоры пæмгуытæ æнауæрдонæй кæй снымадта, уый тыххæй? — тызмæггомау афарста Уасо. Фæлæ йæ зæрдыл æр-' балæууыд, æрдæбон ыи йæхи дæр тæригъæд кæй ныкъкъуы- лымпы кодта æмæ загъта: — Дзур, Хату, дзур! — Фæстейæ йыл Æм æнæнхъæлæджы йæхи куы андæгъта; уæд фыртæссæй йæ уд ауад. Æгæрыстæмæй мæм афтæ фæкаст, цыма йæ дзыхæй сирвæзт «уæу, нана». Уыцы минуты мæм Джа- га фæкаст хуымæтæджы ^адæймаг, мин-мин ’æпдæр^ лæппуты хуызæн лæппу. Дæд ып бирæ нæ ахаста’, уæддæр мыл йæ сау уды иу ферттывд сныдзæвд. Йæ бавдæрзын мæ нал бафæндыд. Уæлдайдæр та йыьгÆф йæ цонджы хъул ацахста. Йæ ливор йæ ^къухæй ахауд. Мæ разы афтидæй куы февзæрд, уæд Æф æмæ Æмæн загътон, уæхиуйл фæхæцут, мæхи мын .бауадзут, зæгъгæ. ’ -, " - . .Уасо быптон æрфæлмæн, Хатумæ хъусгæйæ. Йæ уд йæ хъуыр- ’ мæ ссыд, Джагайы-сырдонфæлæбурыны фыдæй йын аст аздзы- дæй цы хъæбул фæсидзæр, уымæ кæсгæйæ. «Лу, лæгмары змæст æрдзы мидæг иу адæймагон ферттывд куыд ацахста йæ сабийы цæстæй? Иæ дыууадæс азы карæны ас адæймагау куыд йы- майы? Кæцæй йæм æрцыд ахæм æрвонг хъуыды? Царды фæл- тæрæнтæй? Р1æ мард мадимæ уыцы-бæстон — ацыбæстон фем- бæлдтытæй? 'Йæ сидзæры иунæджы бонтæй? Æви Цой Бапы каратэйы ахуыртæй? Хетæджы Уастырджи! Джеры Уастырджи! Зæгъут ма мын: æз сфæлхат кодтон Хатуйы? Æви Хату сфæл- хат кодта мæн? Кæцæй кæдæм ацыд адæймагæн тæригъæд кæ- ныны æнкъарæн? Мæнæй уымæ? Æви уымæй мæнмæ?» Цырд цыдысты. Иæ сулæфæнты тымбыл къори пыццæхгæр. Лæппуйы тыххæй æййæфта. Фæлæ йын пæ загъта, сьгндæг цу, зæгъгæ. Нæ йын загъта, уымæн æмæ йæм тæнæггомау тулдзы къохы æн- хъæлмæ каст йæ мад. — Хату, æз дæуæй уый æнхъæл нæ уыдтæн! — загъта Уасо. - — Дæхи рахиз ,къух дæр дын æд ливор Джагайы тæригъæд куы асæлын кодта, уæд мæиæй цæуылнæ уыдтæ уыдæттæ æн-- 57
хъæл? — Хату æвиппайды фæзылд æмæ йæ фыды фæурæдта. — Мæныл бйрæ азтæ цæуы.— Уасо йæ армытъæпæн Хатуйы’ сæрыл æрæвæрдта худау. — Чысыл нал дæн, баба. Цой Баиы фæлтæрæнтæ мыы баца- мыдтой цырд кæсын æмæ цырд хъуыды кæнын. Джагайы хуы- зæн сырхгоппатæ цырд кæй хонынц, уый махмæ фæкæсы ки- нойы сындæг цæуæг архайды хуызæн. — Раст зæгъыс’, Хату. Мах цы стъæлфæитæ фæфиппайдтам, уый никуы æрцахсдзæн Джагайы хуызæтты зыд ца&ст. Мах сын сæ талынг удты дыдзы ферттывтытæ ным&йæм. УЫдон та фип- пайынц æрмæст сæ ливортæ, цæмæй нын сæ нæ чъылдымтыл иыццæвой. ’ - < — Мах сæ разæй куы фæвæййæм, уæд сæм банхъæлмæ кæ- сæм. Уыдон та фæсте куы аззайышд, уæд нын нæ чъылдымтæм сæ ливортæ ныддарынц. ( — Нæ бæллæх цæуы нæ уæздандзипадæй. — Дæ хъуыды дын бамбæрстон, баба, фæлæ чи-фæивддзаг’ кодта сæ бынæттæ сау зæрдæ æмæ гуырысхогæнаг сыгъдæг удæн? Ома,'Джага æмæ йæ хорз фыд Хъыцъы кæ’нынц лыстæг згъæрæвдузæнты куыст. Здухгæ та сæ кæнынц æндæртæ. • — Алыхуызон президенттæ сæ кæй здухынц, уый зонын. — Нæ-нæ, мæ хур, сау хахх уым нæ аскъуыйы, ноджы уæл- дæр цæуы. — Чи ма лæууькуæлдæр? Къæрныхтæ, стигъджыхæ, сайæ- гойтæ, марджытæ, фæлитойтæ...— мæстыйæ нымадта Хату. ’ — Дзырдæи, Джагайæн дæ нана-хурзæрины амарыны хыгъд фондз азы йеддæмæ чи не стæрхон кодта, уый. Стæй уый хуы- зæттæ æмæ уыдонæй уæлдæр чи лæууы, уыдои.— Уасойæн йæ хъæлæс тæвд уæлдæф асыгъта æмæ бахуыфыд. — Хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ кæд раиртасдзысты? — Цалынмæ Джага æмæ Хъыцъыйы чъизи хъуыддæгтæй нæ закъонæвæрджытæ æмæ нæ партион хицæуттæ пайда кæной, уалынмæ фыдракæнд баддзæн цыты къæлæтджы’ныл. — Ау, уымыты дæрсын ис хъузонтæ? — Хату дзыхълæуд фæкодта æмæ уæлмæрдмæ нымдзаст и. — Уæдæ чи схорзæхджын кæиы.дзыпкъахæг сырхгоппаты закъоны къæрныхы цытджын номæй? I — Закъоны къæрных та цы у? — Закъоны къæрных у, дзырд йæхæдæг цы "амоны, уый. Дзырдæн, сырхгоппа лæппу стыр партион кусæг, кæнæ тæрхон- гæнæгæн йе зиаджы «бахардз» кодта. Искуы йæ аварийы бап- пæрста. Былæй йæ арæцыгъта. Кардæй йæ скъуыхтæ кодта. Кæнæ та йыл бензин бакалдта æмæ йæ басыгъта, æртхутæг дæр 58
ДЗы куьпшæуал йаззайа, афтæ. Уæд æй йæ дзæбæх шеф ’йæ лæггады хыгъд схорзæхджын кæны закъоны къæрныхы номæй. Ома, фæсай мæгуыр адæмы, басæтт хæдзæрттæ,, дукапитæ æмæ банктæ, радав бирæ æхцатæ æмæ фос! Æрмæст дæ фæд макуы фæуадз æмæ дæ æз не ’рцахсдзьгнæн, искуы дæ куы’ баййафон, уæддæр. Ахæм къæрныхтæ сæ.зæрдæйы дзæбæхæн цæрынц сæ ныхмæ фыст закъæттимæ. Закъоны къæрныхтæ дæр сæ уымæн хонынц/Хъыцъы йæ быцъыиæг скъуыны ратæй, фæлæ закъоны къæрных нæма ссис. Æвæццæгæн ма йæ чъизи холыйы мидæг баззад адæймагдзинадæй цыдæр. «Хуылыдз хъуыддагыл» нæ иыххæцыд æмæ никæй а-мардта. Æнæ «хуылыдз хъуыддаг» та за!къоны къæрных ничи суыдзæн. Джага ахæстоиæй куы ра- цæуа, уæдæнæмæнг- суыдзæн закъоиы къæрных. Стæй йæ, чи зоны,'йæ сырхгоппа хъузонтæ президенты къæлæтджыныл сæ- вæрой. Уæд йæхæдæг «нал цæудзæн хъуыддагмæ». Йæ къæлæт- джыиыл. баддзæн æмæ йæм уырдæм хæсдзысты хъалои йæ фæс- дзæуин сырхгоппатæ. Уый та йæ «пайдайы» иу хай дæтдзæн йæ партион æмæ йæ советон шефтæн. Сдзурæн æм нал уыдзæп. Куыддæр ыл исчи закъоны тыхæй æрхæца, афтæ бæрзонд ка- бинетты стыр хицæуттæ сызмæлдзысты. Райкомы секретарæй, прокурорæй, тæрхонгæпæгæй, обкомы партион хицауæй æн’дæ- рæй сæ къахфындзтыл слæудзысты. Бухъгæнгæ æмæ сæ хæри- наджы муртæ æнцъиргæ се ссыртæ равдисдзысты. Сæ фæсарæй- наг телефонты сырх-сырхид хæтæлты хицæутты бæзджын хъæ- лæстæй ныффу кæндзыстй æмæ афæрсдзысты тызмæг: цы у уый, цæмæн.хъыгдарут æмбал Джагайы, йæ гуыргъахъ фæндаг раджы куы ныууагъта æмæ размæцыд социализмы фæдисон куы ссис. — Ахæм сæрхъуызойтæ сын кæй уыд, уый æнхъæл нæ уыд- тæн.— Хату дзыхълæуд фæкодта æмæ уæлмæрдмæ нымдзаст. — Ахæм сæрхъуызойтæ сын куьгпæ уаид, уæд Джага æмæ Хъыцъыйы аласин, адæймаджы цæст кæдæм ие ’ххæссы, ахæм ранмæ. Мæ фарсмæ сæ бауромин æмæ сьгн зæгъин: æз куыд кусын, афтæ кусут, куыдзы хъæвдынтæ! Кæннод дзулы къæбæр нæ фендзыстут æмæ сыдæй ныммæлдзыстут! — Цы уынгæджы бон сыл ныккодта, баба? . "— Кæуыл? — Цытджын кабинетты чи бады, уыдон Джага æмæ Хъы- цъымæ цæмæ æрхаудысты? — Æмæ сæхæдæг уыдонæй уæлдæр лæууынц удыхъæдæй? Гæртæмттæй сæ къубалмæ систы. Се ’хца цы фæкæной, уый нæ зонынц. Литературæ, музыкæ, нывкæнынад, кипо, театр æмæ спорт сын се ’фсæст зæрдæтæ нæ агайынц. Изæры хъалон си-* 59
еынц сæ фæрæ’зджын дæлбартæй. Æхсæвыгæтты та къæрцц Ш- нынц къам, æнцъухынц нозт æмæ хынджылæг скъæрынц се ’лхæд сылгоймæгтæй. Стæй хуымæтæджы не ’ппарынц сæ къам- тæ; Хъазынц æхцайыл, сызгъæриныл, куыстбынæттыл, автома- шинæтыл, фæсарæйнаг телевизортæ æмæ .рæсугъд чызджытыл, зынаргъ дзаумæттыл, зæххытыл, дыргъдæттыл, хæдзæ’рттыл æмæ адæдмæгтыл... — Удæгас адæймæгтыл? ’ ’ ч — Мæрдтæ уыдонмæ ньШады не сты. Удæгæсты та ныма- йыпц, сой дзы цас рацъирдзысты, уымæ гæсгæйæ. #— Кæцмæ хъазынц? Дыккаг бон’сэе райдзаст кабинетты кæ- рæдзимæ цы цæсгомæй бакæсынц? ■ — Хъазынц> Джага æмæ Хъыцъыйы хуызæн сырхгоппатимæ. -Хъазьищ, цытджын кабинетты чи бады æмæ удæй та Хъыцъы æмæ сæхи хуызæн чи у, уыдонимæ. Сæ фем]былд,цæмæй бафи- дой, ууыл сæ хъуыды кæнып ^нæ хъæуы. Рамбулын сæм стыр , кады хъуыддаг нæу. Уыдон лæгдæр хоныпц, фылдæр чи амбу- лы æмæ йæ хæс æмгъуыдмæ чи.бафиды, уый. — Баба, удæгас адæймæгтыл та куыд хъазынц? — Æз зонын иу лаэджы. Паддзах, мæликк, кæнæ.Ос-Бæгъа- тыр нæу.’Алыхуызон фосы рæгъæуттæ, налхъуыт-налмасы хæз- ыатæ æмæ æгæрон зæххытæ йæм нæй. Рæпхъон лæг цы вæййы, уый у. Советон уагдоны кусы æмæ йæ мыздæйдары йæ бинон- ты. Æнæхъуаджы никæй æфхæры. Уæгъды никæмæн дзуры, дæ цæст’сау у, зæгъгæ. Æрмæст ып йæ куысты фæтк амоныйæ цардыуаг, йæ ахаст, йæудыхъæд. Хорзы æвзæрæй хъахъæиы æмæуыиы иннæтæйфылдæр, Боныгон, цытджын кабинетты бад- гæйæ, йæхи зæдæнгæс чи скæны æмæ æхсæв та сырхгоппатимæ къамтæ чи згъ’алы, уыдоны зон’ы. Æхсæвыгæгщ талынг фæн- дæгтыл,чи хæты æмæ искæй фæллой рамырхыиы фæстæ къа- мæй хъазæг партион бодзты хъузонтæ чи свæййынц, уыдоны дæр ,зоны. Уый сæ зоны, фæлæ уыдон дæр зонынц, уыцы иу лæг сын сæ сау митæ кæйч уьгиы, уый.'Зонынц æмæ змæльгиц, æрт- хуыз хъæбызатæ рухсмæ^куыд схъомпал вæййынц, ’афтæ. Тæл- фынц æртхуыз хъæбызатау æмæ< нымайынц сае уавæртæ. Фыр- мæстæй ’сæ былтæ æвдæрзынц æмæ дзурынц: «Йæ куысты йын хъæнтæ ^куынæ арæм. Лæгæй-лæгмæ йын ницы ракæндзыстæм. Нæ къæппæджы бахауд, уæддæр йæхæдæг фæразæй уыдзæн, й& бæгънæг къухы иу цæфæй лæджы дзыхъмард фæкæндзаен. Æмæ йæм уæд цы хуйзы ис.бавналæн? Нæ зоидджын сæртæ нйе цытджын партийæн цъист кæныпæи не ’нтысынц, зæгъгæ, загътой партион пехуымпартæ. Мæгуыр лæгмæ -тынгдæр мæсты чи уыд, ахæм сырхгоппон рацагуырдтой. Уайтагъд æрбаймысы- 60
дысты сызгъæринты дуканийы хабар. Уым Джага хæлцы ду.ка- пийæ айдагъ трусичы кæй рацыд, уый сæ зæрдыл æрбалæууыд. А-а:а, уымæй хуыздæр куыдз дам мах не ссардзыстæм. Уымæй ’тынгдæр дам ын йæ игæртæ_ ничи бавдæрздзæн. ,Æмбисæхсæв Джагамæ .фæсидтысты, Пылыстæгæй’ конд ’нывæфтыд фынгыл къамтæ æркалдтой. Сæ уæлæ сын мæгуыр лæджы хъысмæт. авæрдтой. Хинтæ æмæ кæлæнтæ кодта сау, дамæ. Сегас дæр бахаудысты йæ.ахæсты. ,Кæмæн амонд хаста, кæмæн та бæл- лæх. Партион бодз сау арцджын валсты хуызы бацыд. Джага сау дзуарджын валет фестад. Мæгуыр лæгыл сырх валет баны- хæст. Йæ уæлæ кæмæн æрхаудапд, уый уыд саст æмæ æртæ бонмæ хъуамæ бахардз ко’дтаид мæгуыр сырх валеты... - ’ Уасомæ æваст Хатуйы мидуынæргъын æрбайхъуыст, фём- дзаст æм. Лæппу уызынау æрбампылд. йæ сæр йæ рпуыл æр- хауд’. Йе уæнгтæ гæв-гæв кодтой, фæлæ уæддæр цыднс цЫрд. Уасо йыи цыма йæ уавæр иæ фæфиппайдта, афтæ дарддæр дзырдта: ’ > , — Иуырдыгæй дæр цъæхснаг къæрцц æмæ ипнæрдыгæй дæр. Партиоп бодзæн йæ къухы уыдысты закъон æмæ кард. КуьГйæ бафæндыдаид/уæд закъонмæ гæсгæ йæ цæф уыдаид карды пæ-, фау. Бон-сихорафон, хур арвастæуæй кастапд, афтæмæй. Иичй йæм бауæндыдаид. Ничи’ йып загътаид, размæцыд социализмы цардыуаджы фæткы сæрты ахызтæ, зæгъгæ. Джага къамтæ уæрста. Зыдта йæуавæр: партион бодзы цур уый цы у? Уæд- дæр æй сырхгоппа лæппуйы сырдон зæрдæ цырен кодта æма^ йæ партион бодзы размæ фæд-фæдыл калдта7къамтæ. Сау арц- джып валет кæмдæр фесæфт. Сау дзуарджын дæр ннкуы ра- зынд. Сырх сæ иуыл дæр не ’рхауд æмæ се ’ннæуыл дæр. Тох цыди æиазым лæджы удыл. Чн фембылд уыдаид,' уый йæ хъуа- мæ аскъуыдтаид. Джагайæп рам’булын æмæ фембулынæй .уæл-ч дай нæ уыд. Куы, рамбылдтаид, уæд хуыспæджыты закъоиы амындæй партиоп бодз суыдаид йæхи сæрмагопд «æпусои фрæ- йæр». ЦЫмйыи загътаид,уый хъуамæ кодтаид æмæ кафыдаид йæ бæрзæйыл. Куы фембылд уыдаид, уæд хъуамæ «бахардз» кодтаид æназым лæджы. Ахæстоны абадтаид цалдæр азы æмæ куы ’рбаздæхтаид, уæд суыдаид сырхгоппопты бодз, закъоны къæрных. Партиоп бодзæп лæджы «бахардз» кæнын уыд æпцоп, йæ фыдракæнды фæд фесафын та зындæр. Гъе, уый тыххæй Джагайы смæсты кæныпыл архайдта, цæмæй йæ къамтæ схæц- ’нæ уыдаиккой æмæ хъазт рамбылдтанд/«Джага, кæд милмæ æхсып зоиыс, уæд ну хорз æхст фæкæн æмæ мын дыккаг боп мæ кабинет бацахс»'— хынджылæг скъæрдта уый. «Былой’ (пар- тиоп бодзæи йæ былтæ уыдысты бæзджын, зыгъуыммæ фæл- 61
дæхтытæ æмæ йæ сырхгоппа лæппутæ сæхнрдыгопау хуыдтой ^ «Былой»),-«стъаличнæйы» авд авджы бацъирæм - пæ ’ дыууæ. Стæй ды афтид æвгтæ скал уæлæмæ æмæ сыл æз фæд-фæдыл суадздзыиæн тæвд хуыртæ. Авдæй кæд иу дæр æнæхъæнæй æр- ’ хауа зæхмæ, уæд мæ куысыфтæг къодахыл æрæвæрдзынæн», бамыр-мыр. кодта Джага. Хъазджытæ сæ бæрзæйтæ æмæ сæ уæрджыты сæрты æрдзæхстытæ кодтой: «Й-й-й-æ-æ-æ-х-х-х, мæ игæр мын куыд ахордтай, гъе, Былой!» «Й-й-й-æ-æ-æ-х-х-х, мæ партиоы билет мын дæ мыстытæ куыд бахордтой, гъе, Джага!» Сау арцджын дамæ раленк кодта хъазау. Йæ фæдыл цыппар паддзахы расайдта. Стæй æваст сау арцджын валет æрхауд нывæфтыд фынгыл. Уый фæдыл сау дзуарджып валет рагæпп ласта æмæ йæ уæлæ, пæр-пæргæнгæ, æрхуыссыд сырх валет. Бодз фæгæпп ласта æмæ Джагайы пыхъхъæбыс кодта: «Й-й-й- æ-æ-æ-х-х-х, Джага, коммунистон парти йæ лидертимæдæ зæ- ронд дзабыры уафс куыд -фестад, гъе!» Хъазт ахицæн. Чи цы хъуамæ сарæзтаид, уый сбæлвырд. Уым хатыртæ нæ’зонынц. Фæстæмæ фæлæууып чи сфæнд ,кæны, уымæн йæ хъихъыр зæл- даг бæндæнæй сæлхъивынц. Кæнæ та йæ карды уæлæ æрсадзынц æмæ йып йæхи бахардз кæиынц. Æртæ боны фæстæ иу талынг æхсæв хæсджьш йæ хæс сæххæст кæнынмæ æрбацыд. Джага, рудзынджы дæлвæйнæгыл лæугæйæ, æртæ нæмыджы суагъта лæгыл. Фæлæ йæ тæнкæ размæ йæхи баппæрста зæд. Нæмгуы- тæ иууылдæр ууыл сныдзæвдысты. Йæ сæрыхицау æмæ йæ хъæ- булы сæрвæлтау уый афардæг. Лæг та баззад ам... Хату æвиппайды фестъæлфыд, уæлмæрдмæ азгъордта йæ цæссыгтæ йæ тымбыл къухтæй сæрфгæ. Уасо Æф æмæ Æми- мæ йæ фæдыл атындзыдта. — Хату, фæлæуу, кæугæ ма бацу! Кæннод дæ пана-хурзæ- ринæн йæ зæрдæ фæрисдзæн æмæ дæм, чи зоны, фæхъыг уа! Хатумæ йæ фыды хъæлæс, хъуысти æрвнæрдау, фæлæ не ’рлæууыд. Фæхъыг æм уыдзæн йæ нана-хурзæрип. Кæугæ йæ куы ауыиа, уæд йæ зæрдæ фæрисдзæн æмæ йын бауайдзæф кæн- дзæ!1. Хур дæ æмæ хæдзармæ зæрин тынтæ æрбахæсс, дондып- пыр мигътæ цæмæн хæссыс, зæгъгæ, зæгъдзæн ын. Йæ уайдзæ-. фæй тынгдæр та йын тæрсы йæ хурæнгæс мидбылхудт бамынæг кæнынæй. Уæд йæ цæсгом асау вæййы æмæ ракæсы тызмæгæй. ;Мæнæ уым и йе ’пусон быиат. Йæхæдæг ардыгæй хæдзармæ нал цæуы. Хату æмæ Уасо йæм ардæм цæуынц къуыри дыууæ хатты... ныр цыппар азы дæргъы. Рагои ингæиты æхсæнты баз- ’гъордта хæкъуырццгæнгæ. Чесæ къутæрты цыппæрдигъоны хуылфмæ бацыд сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй. Сау-сауид мар- мæрыл копд папа-хурзæрины мндбылхутт æй æрбаидæвта ху- 62
рау. Хату йын йæ фæлмæн къухты аныдзæвд æмæ йæ хъзрм цæс’тыты рæвдауæг ферттывд йæ зæрдыл бадардта. Ардæм уы- дон агурæг æрбацæуы æмæ йын сæ нана-хурзæрин никуы ба- , хæлæг кæны. Рахиз>къуымы цы дойнаг дур уыд, уый раз слæу- уыд. Дыикаг хатт комкоммæ бакæсыинæ бауæндыд. Ныв йæ хуыз куы фæивтаид æмæ мидбылхудт куы атадаид, уымæй тар- сти. Уальиьмæ Уасо æрбахæццæ. Галиу къуымы цы дрйнаг дур уыд, уый раз алæууыд. Мраморыл конд нывы- мидбылхутмæ фæкаст дзæвгар. Йæхи æруагъта æмæ та йæм ногæй нымдзаст. Æф æмæ Æм ингæны фæйнæфарс æрхуыссыдысты. Хату дæр йæхи æруагъта дурыл. — Хату, кæс-ма, цас фæрухсдæр нæ алыварс. Уый дæ нана- хурзæрины мидбылхудты тæм-æн у. Чи зоны, Уасойы аххос уыд æппæт дæр. Чи зопы, уый йæ зæдæнгæс бинойнаджы æгæр би’рæ кæй уарзта, уый ласта Ха- туйы дæр ардæм. Чи зоны, лæппу-лæджы фæндыд, цæмæй Дзе- рассæ-рæсугъдьк фæлгонц йæхицæй куыд нæ рох кодта, афтæ йæ чысыл фыртæй дæр ма ферох уыдаид. Хату цырты размæ бацыд, йæхи йæм бакъул кодта. Цыма йæ нана-хурзæринæп афтæ д’зырдта: дæ фæлмæн къухты уырз- тæй цæуылнæ узæлыс. Уасойы зæрдæ сæнкъуыст, йæ къæхты бынмæ ныккаст. Иу дзæвгар фæбадтысты цавддуртау æмырæй. Хату йæ мадмæ касти æдзынæг. Уасо фæфиппайдта; лæппу йле мидбылты бахудт. «Табу иунæг стыр Хуыцауæн! Дзерассæ йæ иунæг хъæбулмæ бахудт йе стыр уды дзаг. Йæ фæлмæн уырз- тæй йыл баузæлыд æмæ йæ æрсабыр кодта!» Йæ хъуыдытæ’йын йæхиуыл æбуалгъы тас бафтыдтой. Фæджихау,иЧæ къæмисæн- тæ аууæрста: «Дыууæ дуиейы æхсæн рацу-бапу кæпгæнæ сæр- ра дæн. Куыд’ барæвдаудзæи мард удæгасы? Куыд фæцæрдзы- •сты иумæ мард æмæ удæгас? Цæмæн фæцахуыр кодтон лæппуйы йæ мард мады рæвдыдмæ æнхъæлмæ кæсыпыл? Цæмæн сафын мæ иунæджы? А-мæхимæ афтæ кæсы, цыма ныв йæ мидбылхуд- ты тæ1мæн фæивы нæ митæм нæ уавæрмæ гæсгæ. Зæххы фарны- стæи, фæивы, фæлæ йæ лæппу дæр афтæ уыны? Æви йæ мæ ныхæстæ бауырныпц? Уæртæ та пыр дæр йæ мидбылхудт фæ- тайы, изæры хуры фæстаг тынтæ куыд фæтайыпц, афтæ. Куыд бамбарон уый? Ома, уып ам бадын æгъгъæд у, цалыпмæ’хур нæ аныгуылд, уалынмæ хъæмæ ацæут? Афтæ у æнæмæнг. Æи- дæрхуызон ын бамбарæн пæй. Æфсинæн уазæг æхцои куынæуал вæййы, уæд йе ’рфгуытæ тар кæнынц. Лæппуйæн дæр æй баца- мыдтоп афтæ!» 63
Хуры сырх-сырхид тæбæгъ хохы, цъуппыл æрæнцад. Дзерас- сæйы мидбылхудт дæр тайы. Цымайæ цардæмбал æмæ йæ хъæ- булыл сагъæсгæнгæйæ афтæ зæгъы: «Ам уып мæ цуры бадгæйæ пал у. Цалынмæ хуры сызгъæрин тæбæгъ фæсхох нæ фæаууон, уæдмæ ацæут ардыгæй!» Лæг сыстад. Лæппуйы сæрыл йæ арм æруагъта. ’ ’ ■ ’ ’ — Хату, хур фæиыгуылыæмæ дæ нана-хурзæринæн йæ мид- былхудт фæтайы. ’ , , Лæппу йæ фыдмæ скаст. А-бæстæм æрыздæхт, бахудт æм æмæ рог фæгæпп кодта. — Цæугæ, баба, кæннод нана-хурзæрнн фæхъыг уыдзæн, Йе ’нтъыснæг ахаст фæцыдæр. Хату рог фестад. Йæ фыды æлвæст «а’стæуыл йæ цонг æрбатыхта. Йæ нана-хурзæр’ииы мидбылхуд- тæй йæ зæрдæ кæй барухс, уый фæфиппайдта. Уасо. Ныр йемæ дзурæн уыд алцыппæтыл., ’ ’, — Хату, æрдæбон афтæ куы загътай, баныхас кодтам, зæгъ- гæ! Дæимæ баныхас кодтай Дл<агайы тыххæй? Афтæ кæуыл- ’æууæндыс, уыдон дын чи’ сты? — Чысыл к^ы рауадысты, уæд йæ фырты бафарста Уасо. — Цы фесты, цы, мæнæ мæ фæдыл рацæуыиц.— Хату фæс- тæмæ фæкаст æмæ йæ цæстæй ацамыдта Æф æмæ Æммæ. ’— Хынджылæг мæ скъæрыс, лæппу? — Уасо’ йæхи \'фæтыа- мæг кодта. — Хынджылæг не скъæрын, æцæг дын зæгъын, баба! Сомы дын’ кæнйн нана-хурзæринæй! — Хату йæ къух йæ риуыл авæрдта. \ ’1 — Куыд мын зæгъыс æцæг Æф æмæ Æмимæ баныхас код- тай? " '’. , — О, Æф æмæ Æмимæ баныхас кодтоп, баба,— лæ’ппу йæ фыды астæу*тынгдæр æрбалхъывта æмаё йæм худгæ скаст. — Куыд баныхас кодтай семæ, цы амæлттæй? — Ды де ’мкусджытимæ цы амæлт-тæй баныхас кæныс?, — Уыдон адæймæгтæ сты! — Уасо йæ дыууæ къухы уæлæ-, мæ фехста. — Æрдæбон дæ разы фыртæссæй чи рызтис, уымæй къад- дæр не/мбарынц адæймаджы ныхас Æм æмæ Æф. — Æмæ сыи адæймаджы æвзагыл бамбарып кодтай дæ фæид? — Нæ, куыдзы æвзагыл. — Дæ аргъæуттæй мын мæ сæр разилыи кодтан. Цæй æв- заг ис куыдзæн? ’Цытæ мын дзурыс? — Уасо дзыхълæуд фæ- кодта. 64
— Цæй æвзаг сын ис, цæ, ныхасгæнæн æвзаг. Æрмæст;сæм мах уæлейæ дæлæмæ кæсæм сæрыстырæй. Нæхи хуыздæр æи-' хъæлæм æмæ сын се ’взаг нæ ахуыр кæнæм. Уыдон та пын сæ иузæрдыг цæстытæй иæ цæстытæм кæсынц. Нæ алы фæндон нын æххæст кæнынц. Не/взаг нын зонынц. — Ахæм ныхæстæ мын кæныс,- цыма сын ды се ’взаг зопыс. — Базыдтон æй. . , — Цы’хуызы, куыд? , — Куыд хъæуы, афтæ. * — Уæдæ ма аныхас кæи семæ,— цæхгæр загъта Уасо. ’— ХорзГ— Хату æвиппа-йды фæдисы рæйд иыккодта. Куыйты йæхирдæм фездæхта. Смудгæ æмæ йæ сæр тилгæ сын цыдæртæ ацамыдта. Йæ цыгшæртыл алæууыд æмæ зæхх мæстыйæ ахаф- та. Йæ;хъæлæсæй хæрзцыбыр мыртæ суагъта. Æф æмæ Æм ын сфæ’лхатт ко^той йæ алы мыр, йæ алы фезмæлд. Иæ амындты- тæн ын\ дзуапп радтой æмæ йæ рззы адæймæгтау алæууыды- сты. Уасо йæ цæстытыл ныххæцыд. — Мæнæ мын фынтæ уынып кæны ацы лæппу. — Баба,,мах нæхи уыдонæй зондджыидæр æнхъæлæм, фæ- лæ афтæ иæу! , — Дæ Хуыцаумæ скæс, ныууадз мæ, кæныод сæрра уыдзы- нæн. — Æф æмæ Æмимæ фæныхас кæпæм, демæ куыд ныхас кæиын, ’афтæ. ’- , ■ Куыддæр хæдзармæ. æрцыдысты, афтæ Хату йæ уатæй.æрт- тиваг гæххæтты мидæг тыхт чиныггопд рахаста. Йе ’ддаг цъа- рыл уыд «Куыдзы æвзаджы æмбарыпгæпæи дзырдуат». Уасо йæ сæр банкъуыста: «Кæнæ æз сæрра дæн, кæпæ та лæппу йæ зондыл нал у йæ мард мадыл хъуыды кæнгæйæ. Фæлæ нæ! Табу Хуыцауæн, мема^ - зондджын ныхас кодта!» — æмæ райдыдта дзырдуат 1кæсын. . 7. КУЫДЗЫ ÆВЗАДЖЫ ÆМБАРЫНГÆНÆН ДЗЫРДУАТ - ЦЫБЫР РАЗНЫХАС. Куыдзы мыггагæп дæр, адæймаджы мыггагау, ис æвзаг, Уыцы фарст, Æф æмæ Æммæ (мæ куыйтæ сты!) мæ’хъус даргæйæ, сбæлвырд кодтон æз, æвдæм къласы ахуыргæнинаг Æгъуызаты Уасойы фырт Хату. Сæхирдыгонау дзурынц иннæ цæрæгойтæ æмæ мæргътæ дæр. Уæдæ саби рай- гуыра æмæ йыл йæ мад, йæхи æвзагыл дзургæйæ ма баузæла? Ау, уый гæнæн куыд ис? Уырыссаг æрдззонджытæ Курскы зæх- хыл йæ цъиутæй фæхицæн кодтой мадæл карчы æмæ йæ хæдтæ- 5 Мах дуг № 2—3 65
хæгыл нылластой Францмæ. Уым æй Лотарингийы кæмдæр баф- тыдтой уырдыгон цъиутыл. Æмæ цы федтой ахуыргæндтæ? Цъиутæ уайтагъд фæцæуæг сты сæ йвддзаг мады фæдыл цъип- цъипгæнгæ. Æрмæст сæммадæл карк, хъуыдатгæнгæ, хæрын- мæ куы фæеидт, уæд ыи цъиутæ йе ’взаг нæ бамбæретой æмæ йæм не ’рбацыдыеты. Æцæг мад æмæ ивддзаг мады хъуыдат- тыты æхсæн ахуыргæндтæ хицæндзинад нæ фæфиппайдтой. Фæ- лæ цъиутæ нæ бамбæрстой Уæрæсейæ æрласгæ карчы’сидт, сæ хъуе æм не ’рдардтой. Уый дзуры ууыл æмæ цæрæгойтæ æмæ мæргътæн дæр æвзаг кæй ис æмæ се ’взаг, адæмты æвзæгтау, мыггаггай кæй хицæнтæ кæны. , ,Æрымысæм ма иу диссаджы хабар. Сау денджызы былыл Гелёнджичы цур тынг схæлар сты чысыл чызг Катя æмæ дель- фин Пиго. Уьщы ном ыл йæ-хæлар сæвæрдта. Иуæндæс саха- тыл-иу донбылгæронмæ бацыд. Йæ зæлланггæнаг хъæлæсæй- иу фæеидт «Пиго, Пиго, рацу, мæнæ дæн». Пиго-иу Катяйы йе ’рагъыл сæвæрдта. Дард-иу æй аласта. Депджызы æгæрон ата- гъаты-иу йемæ тезгъо кодта. Стæй-иу æй донбылгæронмæ æр- баласта. Иæ къæдзилыл-иу слæууыд. «Пи-пи-пи», зæгъгæ, са- лам-иу ын радта æмæ-иу фæхицæн сты дыккаг боны иуæндæс сахатмæ. Иу райсом Пиго ДонДбылгæронæй нал фехъуыста чызджы хъæлæс. Саби уæззау фæрынчын æмæ йæ бон пе ссис æрбацæуын. Пиго æмгъуыдмæ æрбалепк кодта донбылгæронмæ. ’ «Пи-пи-пи!» — фæсидт æм йæхирдыгонау, фæлæ никуы æмæ ницы. Цæмæй зыдта дельфин, уыцы заманы чысыл чызг мæлæ- тимæ кæй тох кодта. Пигойæн йæ чысыл хæлар куынæ разынд, йæ цæст ыл куыпæуал æрхæцыд, уæд мæтæй йæ сæр дурыл ба- къуырдта æмæ йæхи амардта. Чи’зæгъдзæн, Пиго æнæзонд æмæ æнæзæрдæ уыд, зæгъгæ? Адæймаг дæр цæрæгой кæй у, уый ферох кодтам. Милуан- милуан азты размæ иæ фыдæл, Индонез-ийы -джунглиты мака- кæ-маймулийау, цыдй йæ цыппар къахыл. Гæппытæ кодта бæ- лæстыл. Хæлц ардта йæ иыхтæ æмæ йæ дæндæгты ф&рцы. Хæ- дзар, къона æмæ зынг цы уыдысты, уый нæ зыдта. Хордта хом дзидза æмæ хъæды цъæх халсар. Нæ йын уыд æвзаг. Нæ зыдта хъуыдьГ кæнын æмæ нымайын. Архайдта йе ’рдзон домæнты амындæй. Йæ фæндон-иу бамбарын кодта йæ къæхты амындæй, , йæ цæстыты дзагъултæй, йæ былты змæлдæй, йæ хъæр^ей. Ныр- , тæккæ адæмтæ куыд цæрынц, афтæ нæ фыдæлтæ дæр царды- 1 сты мыггаггай. Ныртæккæ адæмты хицæн кæнынц се ’взæгтæ. Уыдопæн та-иу се ’хсæп, гæрæнау, слæууыд сæ амоиæн ныеæнт- ты сусæгдзипад. Иу мыггаджы амопæн пысæнтты сусæгдзииад 66
иииæ мыггаг нæ зыдта. Уый уыд, Курскæй Лотариигимæ кæй нылластой, уыцы мадæл карчы хъуыдатты сусæгдзинады хуы- зæн. Куыдзæи æвзаг кæй ис, уый гуырысхойаг пæу. Адæм сæ хъуыдытæ кæрæдзийæи æмбарын кæнынц ныхæстæй, дзырдтæй. Куыйтæ та сæ хъуыдытæ сæ кæрæдзийæн æмбарыи кæнынц сæ- хи сæрмагонд ныхæстæй. Нарты Сырдоны зондджын куыдз Си- лæм дзырдта адæймагау. Уырызмæг, Сослаи æмæ Хæмыцæн сæ бæхтæ — Æрфæи, Дзындз-Аласа æмæ Дур-дура — сæ хицæутти- мæ дзырдтой адæймаджы æвзагыл. Зонæм æй, уый таурæгъ у. Таурæгъ у; фæлæ, чи зоны, Силæмæй фæстæмæ райдыдта куыдз дзурын. Куыдзы ныхас «рæйын» кæй хонæм, уый стыр радад у. Ахæм рæдыд ныл æрцыд иæ сæрыстырдзипадæй. Куыдзы мыг- гаг адæймаджы мыггагæй цауддæр кæй æнхъæлæм, уымæй... 5* 67
1 УАЛЫТЫ Лавренх АРТДЗÆСТЫ ЗЫНГ БÆЛЛИЦ Ирыстон, Мæ саггуырд Ирыстон, - Ды афтæ чысыл дæ, - ’ / Нæ хъæуы куы фæзары уасæг, Уæд нæ горæт, Нæ хъæуты - Фæвæййынц æгъуыссæг. Ирыстон, Мæ уарзон ныййарæг, Ды афтæ цытджын дæ — Фæсарæнтæм хъуысы Дæ нароны зарæг. Ирыстон, ’ , Мæ фатдзагъд Ирыстон, Æз, дæ къуыбар, Дæ сагъæссаг фырт, , Иу цин мæ зæрдæйы узын: Уæд бæркадджыи Дæ куырыхон фынг, ! Куыд-иу дæ уой бузныг Х^еларæй, 1 Сыхагæй, "" Ызнагæй... Куыд дæм дЗура алчи Дæ рагон Ыскифаг ’ , , Æвзагæй!
РÆХЫС Хатт куырмæджы фæцæуыи Æмæ дæм нæ раттын мæ къух Дæ тыхсты, Дæ зынЬ1,^ Уæд хъуамæ мæхиуыл фæкæуиш Æфсымæры уарзФæй Фæкæнын дæу цух, Уæд амбæЛын Зиныл, Фæлæ, табу Хуыцауæн, Мемæ нæ вæййы Мæ хæйрæг æдзух, Уæ, мæ иубæстои адæМ, Мах нæ хъысмæты фатæй Цæфтæ стæм, Рæхуыст; Уæ, мæ иубæстон уарзон, Æз æнæ дæу, 'Ды æнæ мæн -т Цæгтæ стæм; Æз дæуимæ, , Ды мæнимæ — Рæхыс! ФÆДЗÆХСТ Поэт, æнцад! ’ Дæ кæрдæгау æдых, Сæу дидинау сыгъдæг æмæ æыæбон. Лæджы бартыл кæй фесафы йæ дзых, Гæртамхортæ кæуыл калынц сæ хъал бои, Куы амайа уый адæмæн мæсыг, Уæддæр нæ уыдзæн уыдонæн æмбæрст. Поэт, эегъгъæд! Кæуыл калыс цæссыг, Куы вæййы уый фæлхæрæнтæй æфсæст, Уæд нал хъусы, Уæд нал уыны йæ цæст...
Дæ лымæн у уæларвон монц æрмæст. Поэт, æнцад! Дæ кæрдæгау æды&, Дзæгъæл быдыры уалдзыгон æвзар дæ. Фынæй адæмы ма хъал кæи дæ зардæй, Кæпнæуæд дæ æрбайсафдзæн сæ дзых! уАлдзыгон чызджытæ Æгъгъæд у, уалдЗæг, нал фæразын æз, Дæ хин æмæ дæ кæлæнтæн фæхæрд дæн. Фæхæссынц уынджы чызджытæ <дæ хуыз, Æмæ кæнынц мæ цæстытæ дзæгъæлтæ. Дæ ардыдæй мæ ирон ’æфсарм — хæлд. Уый радтон сыхы устытæн быцæуæн: — Цы уд ыл уыд, фæци уыд уарзтæн хæрд... — Æнæгъдау у... — Ыстыр ысты йæ цæуæт... Хæссæнт мæм фау, уадз уон сæ цæсты чъыр, Фæлæ цы лæг нæ фæкæны æрра, Куы хъуысы уалдзæг чызджыты чыр-чыр, Уый у фыдгуырм, Къуытты Æмæ къуырма! (РГЪАУМЫСÆН ИЗÆР Уыд æцæг æви нæ уыди? Уардиты фæрсын. Чи зоны, мæ рæзгæ удыл Узæлыд рæу фын. Кæд æцæг уыд, уæд цы фæци? Уарзтæн нæй мæлæн. А зæххыл æнæ кæрæдзи Ау, куыд ис цæрæн! Ма мын дзур, мæ дуне, ма кæ,— «Рох дæ ды мæнæй!» Уый бæсты дæ рудзынг бакæ, Бахуда дæм мæй. 70
Чи зоны, æрæфта зæрдыл Уардиты хæрздæф, Чи барасыг иу хатт сæрды, Уыцы буц æхсæв. Кодтой уæд чындзæхсæв удтæ, Дыргъдон уыд дæ хыз... Чи зоны, æцæг нæ уыдтæ, Аргъау мысын æз. Чи уыдй йæ гуыры кондæй Аивдæр, хуыздæр, Уæ, мæ уарзон чызг Джокопда*, Мысын дæ ныр дæр! Ды ме знæгтæм ма хъус, Мæ хæлæртты ма фæрс: Бæласыл фос ыоуасыдысты Æмæ бахус. Ды ме ^знæгтæм ма хъус* Фæнды дæ мæ удмæ ныккæсын, Уæд бамбар: Цы фæдзуры къутæрæн маргъ, Къутæр цæмæн узы маргъæн йæ ахстон, . Цæмæи тайы тары мыдадзып цырагъ, Аргъуаны къулыл ныхæстæй... Кæд мæ нæ бамбарай уыдоны фæстæ — Курын дæ, Ма мын кæн аргъ Искæй ныхæстæй, Дæ зæрдæйы бафæрс. Ма тæрс, Зæрдæйæ растдæр Ничи-ма радта дзуапп Уарзтæн! 71
ТÆРИГЪÆД ХЪАРЫН Мæ тæригъæд мæ дыууæ цæсты уæд; Чызджыты ’хсæн дæ р’айарынц æваст. Кæй басудздзысты, уый æмбарын кæд, Уæддæр æдзух дæумæ вæййы сæ каст. Мæ тæригъæд мæ дыууæ къахы уæд: Дæ аууоны ном сæвæрдтой мæныл, Æндæрырдæм сæ саразын æз кæд, Уæддæр сæ фæндаг акæныиц дæуыл. Мæ зæрдæ ма цæуыл дарон æз уæд... Мæн сафдзæни дæ сау дзыккуты быд. Мæ тæригъæд мæ сонт зæрдæйы уæд,\ > Кæд не смæрздзæн йæ хивæнд’ уарзтæй мыд. Мæ тæригъæд ыстыр Хуыцауы уæд, Дæу чи скодта.’мæ.фыдæнæн рæсугъд. Зæххыл æнцойад ие ссардзæн мæ уд, Дæ цагъар мæ, куы нæ бакæнай, уæд. :ф: кП *
АЙЛАРТЫ ЙзмайЛ. Мамысоны æфцæгыл Роман Æртыккаг чиныг АМОНДЫ ÆВÆД РЫНДЗТЫЛ Æрбæстон, æрфидар советон цардыуаг æхсæнадон исбоны бындурыл.^Уæрæсейы быгъдæг къуымты иунæг хъæу ахæм нал баззад, советоп адæм удуæлдай куыстæй æхсæнадон фæллæйт- тыл зæрдиагæй кæ,м иал аудынц4. Куыстуæтты цин æмæ фæл-, лæйтты монц басгуыхтысты удхъомысы бæрзонддæр иысæнттæ нæдгоймагæй сылгоймагмæ, чысылæй стырмæ. Зымæгон’ даргъ ’æхсæвты фыдфынтау ма искуыдæй-искуыд- мæ цæстытыл ауайынц бонджынты—кулакты, ’советты æмæ кусæг адæмы мидбæстаг фыдгултæ сæ ахæсты-сæфты æнтъыс- нæг рæстæгимæ. Социалоп ныхмæвæрд кълæстæн æмæ уыдоны хъузон лыс- тæг партитæ — къордтæн, хæцаг галтау, сæ сыкъатæ цыма. аса- стысты, уыйау сæ сæртæ æруагътой æмæ дæлгоммæгæсæй æн- хъæлмæ кæсынц хуыздæр фидæимæ. * Магусайæ цæлуарзджытæ, цуроны цæстмæхъустæ рæстаг адæмимæ иумæйаг куыстæгты уæлхъус бæргæ балæууынц, фæ- дæ сæ уæнг нæ тасы, сæ зæрдæ нæ райы. , Революцийы бонтæй фæстæмæ ногцарды тыхдымгæтæй æф- хæрд—рыст чи баййæфта æцæг фыдгæиджыты номæй, уыдо1Г æууæнкæй æназымæй хъыгдард адæмимæ фæиутæ сты. Сусæг мæстытæ, æиад комдзæгтау, чынныхъуырдтой æмæ зæрдæп- къард ,цæсгомхъæлдзæгæй æхсæны симды бацыдысты, Алæфы дыркъуым фырттау. * Хæрджытæ бæхты къæхтыхъæрмæ куыд кафой, афтæ ку*4 сæг-фæллойгæнæг адæмæн сæ цыфыддæр знæгтæй фæзынд хæо- заудæны хъузæттæ æмæ советты æрцахстой фæлмæи хъарм бы- нæттæ. 73
Кълассон знаг цалынмæ æгас уа, уæдмæ фыдгæиды ауæдзæй ничердæм хнзы, Йæ хуымгæнд цæуы дæлзæхты, йæ тауинаг азар бафтауы хæрзхъæд тыллæгыл бынтон æнæзынгæйæ, лыв- дзæг æмæ гæрзæхсæнау. Советты иугæндзон рæзтимæ кълаосон Юх сусæгæй, æууæн- кæй схызти социалон асиныл иу къæпхæн уæлдæрмæ... Кус;æг-фæллойгæпæг адæмæн æргомæй-сусæгæй фыдызнæг- тæ кæд нæ уыди, ахæм дуг цæрынæй хæрынмæ никуыма скодта. Нырдæр советтæй иутæ иугæпдзоны галиуæй рахизырдæм хæ- цынц, пниæтæ, фæстæмæ хæцгæйæ, сидынц размæ... Хъысмæты æбæрæг, г’уырхъахъ фæндæгтæ... ЦыппарырдæМ сыл мыдтæ ныччындæуыди æнусты дæргъЬг. Иугæидзоны рай- гондæй адзалы фæндагыл адæмтæ бафтыдысты, уæд сын бауро- мыны ’хъомыс нал вæййы æмæ фæстагмæ æнæ иу мадзалæй мæрдтыл бафтыиц. Сæрибары сырх тырысайы бын фæллойгæнæг дзыллæтæ сæ куыстдзагъд къухтæ бæргæ радтой кæрæдзимæ æууæнчы стыр- дæр æвдисæиæн, фæллойы цинæй баиу сты æхеырф а^мæ дзæбуг, фæлæ æхсæнадон æфтийæгтæн нæма ис фæстауæрцы къæбиц, хæрзаудæпы бæркадарм æфсин, æмæ иумæйаг хæрзтæп, æхсæ- ны галдзармау, алы къухтæй æвналгæйæ сæ хъомыс руа!йы. Ныронг кусæг-фæллойгæнæг йæ хидгуысты фæллойæ «дзаг нæм и» дзырдта, ныр адæмы дзыхы хæцгæ низау бафтыд «нал нæм и», æмæ советты бæркад хæйрæджыты аМæддаг кæны. Адæймаджы хуыздæр удæнцой — бархи куыст, æиæбары куысты бæркад дæр нæй, ад дæр. Бархи куыстæн йæ гыццыл ’И’СЫ дæр вæййы бирæ бæркад. Куыстмæ, æвæндонæй чи цæуы, тыхæрвыст кæй хъæуы, уый фæллойы цин не ’нкъары, йæ фæл- лойæп хицау нæу æмæуыйадыл свæййы бонæй-бонмæ æнæу- уæнк, фæлывд. Æнæууæнк æмæ фæлывд адæймагæн йæ сæйраг- дæр бæллиц — æвæлмон æфтиаг. Æвæлмон æфтиæгтыл фæхæст сты со’ветты дæлгоммæгæс фыдгултæ æмæ уыцы фæндагыл са- йын байдыдтой кусæг адæмы коммæгæсдæр минæвæртты. Бæрзонд, уæрæх бæласы хуызæн у æхсæнадон цард. Бæлас^ æнцайы уидæгтыл, зæххы’ сой цъиры æмæ йæ фидар цæнгтæ ивазы арвы рухсмæ, йæ цъæх сыфтæртæй ахсы хуры зæлдаг тынтæ. Æхсæнадон цардæн йæ уидæгтæ — хицæн хæдзæрттæ а&мæ бинонтæ. Æвæдза, уыдон иууыл фæзминагæй хъомысджын фссты, уæдæхсæнад лæууы фидар бындурыл. Хицæн хæдзæрт- ты æмæ бинонты царды фæтк хæлы, фыдæлтынкон -хæрзтыл сæ к^ъух ауыгътой, уæд æхсæнад цасфæнды ма тырнæд бæллиццаг фидæнмæ, уæддæр куыд фæстагмæ фæхицæн вæййы райгуырæн мæрæй — царды биноныг бындурæй æмæ митын мæсыгау нык- кæлы йæхи уæзæй. 74
Дупейы æгæроп тарæй дзæпæтоп зæхмæ коммуийстоп царды бæллиццаг цырæгътæ, æнхъæлцауы стыр амæндтау, рагæй æрт- тивынц. Æнусты дæргъы сæрибары цыкурайы фæрдгуытæн фæлтæртæ сæппар-аныхъуырæй цас фæхъазыдысты. Сæрибары сæраппопд, коммунизмы рухсмæ тырнгæйæ, тохы рындзтыл дзыллæтæ цас туг фæкалдтой. Сæрибары, сæрыстыры фæнда- гыл ерысы барджытæ æваст фæзилæнты æрдзæ минтæй фес- хъиудтой. Фесгуыхты тырысатæ, кады лæвæртты бæсты тыгъды саргъыбæхтæ æпæбарджытæй фыдохы саунымæттимæ къорд х&дтыты æрæздæхтысты фæстæмæ. Фæлæ уæддæр фыдæлты тугвæндæгтæ фæлтæртæн, у&хсы æвдисæптау, сенгонд нæ фе- сты, уымæн æмæ цард фæлывд æмæ мæпгардæй æнæ тохæй нæ фидауы. Судзаггаг м’ард дзы æнæ мæрддзыгойы хъæлдзæг дзырдæппарæнтæй пæ баныгæдæуыд, райгæ цин дзы æнæ ма- сты ’цæстысыгтæй никуыма сфидыдта. Фæдисты, сæрбахъуыды лæгæвзарæн заманты куывдтæ æмæ чындзæхсæвты бæркадджын фынгтæ хъæубæсты фæныкгуызты æвджид бирæ хæттыты баз- задысты, уымæн æмæ цæрæгудты сæрæидæртæ свæййынц’’цар- дæгасæй заманты цинтæ-мæстытæи бархъомысы æвдисæптæ. Хæд’зарæй рацæуæг, биионтæй рахизæг адæймаг хъысмæты фæндонæй йæ ныййарджыты æппьга куынæ зона, уæддæр мад- фыдæй рантысы, туг æмæ стæгæй сфидауы. Йæ бархъомыс та у æнæмæты æгъатыр рæстæг, йæ номæвæрæг — бирæзоиаг, би-~ рæдомаг -адæм. Афтæмæй цæрынæй хæрынмæ адæмы рохтыл, ифтыпгъд галтау, заманты иугæидзоны хивæндæй хæцыдысты иугай лæгтæ. Иугай лæгтæ свæййынц коммæгæсы хъузæттимæ адæмты амидингæнджытæ фыдтæЕ1æгæй хæрзгæнæгмæ. Уыцы уагыл фыдгæнд æмæ хæрзаудæн систы царды дыууæ фарсы хуссар æмæ цæгатау, аууон æмæ рухсау. Уыйадыл хæрзгæнæг дæр Хуыцаумæ кувы, фыдгæнæг дæр. Афтæмæ^ Советон Уæрæ- сейы къуымты акæс, уæд паддзахад диныл йæ къух систа, скъо- ла фæиппæрд аргьуанæй, сауджын фæхицæн ахуыргæнæгæй. Фидæны къæсæртыл цы хуыз равдисдзысты, уымæн та дунейы фарн дарддæры*æвдисæн. * * * «Уæвджедæр, ныры дуджы диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ!.. Хъалæй фынтæ уынæгау, мæ фыдыстæн, хъалæи»,— феуæгъд сты зæронд Теккойы мидсагъæстæ сæ хъуырдухæнæй тæккæ сыджытсæр уæлхæдзармæ схизæпы... Къобола кæрдолæдзæджы æнцæйтты уæлувады’ пыллæгдæр къæйдзармæ галиукъах арæх- стгай байста, саунымæтхуды счъилыл уæлдæр схæцыд æмæ къу- 75
хаууопæй йæ гыццыл хъæубæстыл райгондæй афæлгæсЫД... Бæрцæй фондз’’хæдзары æрыййæфта Хъæдысæры къуыппыл йæ’ тæккæ æвзонгæй,-æмæ ныр дæс баисты... «Дæс, мæ фыдыс- / тæй, дах,— анымадта сæ хинымæры.— Гъемæ,Хуыцауæн разы, ’фидæны ноджы цотхалдæр фæуæнт мыггаг!» — райгонды хъуы- дыты аныгъуылд. , Иугæндзоны куыстуарзоиæй амалджын фесты хъæубæсты кæстæртæ æмæ хуыздæр фæуæнт, хуыздæр. Бынтон æрæджы дæр ма хъæуы хуыз иста иупæг цъуппæмбæрзт бзестыхай, ныр хъуарийæ æмбæрзт уæладзгуытæ ныззылдтой. Иунæг Мах х&* дзар ма баззади тъæпæн сыджытсæрæй... Ничиуалбæрæг æв- вæрсы сыджытсæрыл хохæй быдырмæ... Уæвджедæр, уæвдже. Цы рæстæджытæ скодта?! Зæхбьш биноныг цæрæн дæр йæ сæр- мæ ничиуал \хæссы. Сæ къонатыл дæр æигом фæйнæгæй быи- астæрдтæ февæрдтой. Бынатыхицауы, Сæрызæды раз дæр дзы къах сыджытбыныл нал аныдзæвдзæни... Æнæрцыды, æнæра- ды диссæгтæ ’æмæ æмбисæндтæ!.. .Уæдæ ма цы вæййы?! Ирон хæдзары мауал тохынайы бынмæ артдзæстæн* бынат уæд, мауал астæурæхысæн, уæд-ма цыныфсæй цардæуа?!—;йæ сæр дзæв- гар фенкъуыста, стæй йæ алывæрстæм’ акаст, æвдисæнтæ агу-,\ рæгау, æмæ хъæрæй загъта: «Æниу, рæстæджытæ ивынц, æмæ ма чердæм цы - хуыздæрæн загъдæуа?! Дунедарæг кадджын Хуыцау сæ хуыздæрæн фæкæнæд, фæлæ уый æвастæй кæстæртæ цард кæй фæлгъауынц, уымæй рæдийынц. Адæмы æууæнк цы- ма фæцудыдта, æмæ адæймаг кæмдæрты йæхиуыл дæр нал феу- , уæпды.., Хæлæг æмæ фыдæх сусæг дугъы бацыдысты. Бонджын- ты сафыны, адæмы знæгты ахсыны заман нæ хъæдгæстæ кауы - уис ракæнын дæр нал уагътой, ныр равзаргæ хъæдæрмæг цæгъ- дыпц, суг парахатæй кæнынц, æмæ се ’фсæйиаг пецтæй, сурды- мæнтау, Хуыцауы цæст фæздæгæй къахынц... ’» Уыцы ныхæстимæ рахиз къах дæр систа уæлхæдзармæ, æмæ, хъæубæсты æрдзыл райгæйæ, æвзонджы бонтæ æрæмысыд... Хъæдысæры фондз хæдзары уæд тархъæды астæуæй къуырттон кæрчытау зыпдысты. Тарапджелозы бын бæрзбæлас уæрдæха- джы стæвдæн фæци. Уациллайы нæудзар зæнгыл æртæ стыр тæгæры уæрæх ныззылдысты, сæ аууæтты сæрдыгон тæвд бои- -ты фос ривæд кодтой, сæ фидар цæнгтыл хосдзаутæ цæвджытæ ^ауыгътой, ссивджытæ — халамæрзæнтæ... Ныр дзуары бæрзбæ- лас арвыл æмбæлы, йæ хихджып цæнгтæй ма зæронд аргъуаны сыгъдæттæ1 дæр æрæмбæрзта... ,Уациллайы стыр{ тæгæртæ^ мæ- райæ бахус сты æмæ сæ бæгънæг цæнгтæй арвмæ æвналынц... Афтæ гъе, мæ хуртæ. Рæстæг дугъонау згъоры, фæлæ, раст 76
зæгъгæйæ, лæг гыццыл нæ цæры.,. Бауырнæд уæ, иæ цæры,— . афæлгæсыд йæ бирæ азтыл. Йæ мидсагъæстэ&м Назджыпы тъæпæнæй уæлыгæс лæппуты хъæлаеба æрбайхъуысти. р.айсомы сатæг аууæтты та сæ уæрыч- чыты фæхызтой æмæ боирæфты ривæдафон нæудзарыл æнæмæ- . тæй хъазынц. Йæхи кæстæр бинойнаджы цот дæр уыдонимæ , уыдзысты, æидæр искуыцæй зыниккой ’афонмæ. Сæ мад хъæу- бæсты быдырдзаутимæ дыккаг къуыри рувынмæ и—.Чырыстон- хъæуы зæхкыл. Хæдзарæп дæсæтины бакæпынц сæ дыгурон зонгæтæ Хъæдысæры хъæубæстæн. Байтауынц сæ, ,баласыпц сæ адæгæй. Рувынмæ сæм .чгёердæгхæссæнты ауайынц, тонынмæ — фæсмайрæмты. Æрæгвæззæджы — джеуæргуыбаты размæ — хуымтьктыллæгæй раласын къухы цы бафты, иннæ партхор æнæзгъæлдæй кауын къутуты уалдзæгмæ бафснайыпц, æмæ дзы иæмыг дæр ма фæхъæуа! Иууыл уазæгуарзонæй æууæнкджын сты сæ дыгурон фысьпугтæ, æмæ сын дунедарæг Стыр Хуыцау арфæ ракæнæд! Æниу,— лæдзæджы фындзæй уæлувады къæй/ æрхоста,— нæ дыгурон зонгæты хъыджы мах дæр ницæмæй бацæуæм. Сæ фосыдзугтæн сæрдыдæргъы, равзаргæ сины хæйт- тау, зад сойджын сæрвæттæ, уазæгæн — хъарм фысым, ссина- гæн—рæвдз къада куырæйттæ. Уæдæ иунæг сæрдыгон бæпæг- бо11ы дæр æнæ уыданæй куывды никуыма æрба^дтыстæм... Æмæ уæдæ æндæр хуызы куыд и цæрæ’н?! Фарп иугæр цæуы’уазæгæй фысымы астæу, уæд — дыууæрдæм. Иуырдæм хъаугæйæ цыфæн- ды бирæ хидвæллойы дæр бæркад нæй. Хъуыдытæ йæ Мамысоны æфцæджы сæрты тыгъд быд’ыртæм айсто’й, æмæ къухаууонæй Разыцæитæм кæсгæйæ йе( ’хсызгоиы бæллиц фергом: «Нæ быдырдзаутæн, æвæдза, пы^ æрцæуыи афон дæр у, æмæ сæрæгасæй семæ нартхор дæр æрласиккой!» Хурхæтæны "æптæф бонырæфты сатæгыл фæтых, æмæ цæ- пæгуды’ буар аууон æхсызгонæй агуры. Искуыдæй-иокуыдмæ Хамзелайы цъити раулаефы æмæ æртæрдыгæй комбæсты хъал дæттæ хæкъуырццæгæй ахъаз’ынц. Дзуарбыны бæлæсты уддзæф куы бапæуы, уæд допгуыроны уайсадæг чыпдзытау тасгæ-уас- гæйæ сыбар-с.ыбурыл схæцыпц. Уыдоны ахæсты зæронд лæджы буарыл уæздан æхсызгоиад ахъазыд, æмæ фæлмæи мидбылты къуызгæ- бахудти, стæй быгъдæг уæлхæдзарыл азылди, цыма нын уаргæбои йæ тæдзæн-хъарæн бынæттæ агуырдта. Ердойы , рпз балæууыд, йæ гбмварс ын лæдзæгæй бахоста æмæ, исты агурæгау, иыккастш тохыпайы фæздæгдзонмæ. Иæ уæззау ко- мулæфт, тад æндонау, аирвæзт ердойы сæгдзыд хъуыры, æмæ пæ быиæй зæхбыи хæдзарæй æндæр хъæлæсæй сфæзмыдæуыд. Уыиæрмæ лæмбыпæг байхъуыста, стæй æп’къардхуызæй^ тæр- , - ’ 77
гай сидзæр лæппуйау, ердойы фæсчъылдыммæ æнгом балæууыд. Фæсонтæй сæр’ккаг къæйтыл фенцой кодта, къæхтыбынæй ныу- улæфыд æмæ, искæимæ дзурæгау, йæ ныхас хъуысы: «Бирæ, бауырцæд уæ, бирæ цæры лæг». Сывæллоны бонты — нæ, йæ хосдзауы кары дæр ма хæхбæсты уæрдон нæма тылди, Мамы- со’ны æфцæгыл дыууæрдæм адæм бæхуаргъæй цы хастой, сыф- цæй цы ластой, æндæр цыдысты фистæгæи, палхвæдæп йæ ’кой дæр нæма уыди. Дæлæ Цьалайы бæрзонд æфсæйнаг хид дæр паддзахвæндаджы заман сарæзтой,.. Хиды коймæ цæстытыл ауад паддзахы фырты цыппæрдзæл- хыг уæрдон. Диссаджы рæсугъд коид. Æмхуызон аст урс бæхы ифтыгъд дзы. Абоны хуызæн ма сæ хъуыды кæпы. Сæ ифтын- дзæн дзаумæттæ кæрæй-кæропмæ æвэиот æргъæвджытæй æмæрт- тывд кодтой... Паддзахы фыртимæ — æндæр адæм æнахуыр аив дарæсы, бадтысты зыгъар тарбын бæхтыл... Тæккæ хиды астæу сæ цыд фæурæдтой. Паддзахы фырт уæрдонæй æрхызт, нæ хъæубæсты хистæр Тотырбегæн сæхирдыгонау арфæ ра’кодта, стæй хъæдын къусæй суар банызта... Суары коймæ Теккойы зæрдæ дон æрцагуырдта, æмæ уæл- хæдзарæй сабыргай æрхызт... Зæхбын биноныг хæдзары тыргъ- ты змæлæг нæй, æмæ цалдæр къæсæрыл хъуызæгау бахызт. Мидæгæй — дзæвгар сатæгдæр, ’фæлæ дойныйæ къонамæ тын- дзы... Уыцы кары дын кæстæртæй дзыхы дон радавæг уæддæр ма уæд! Æвæдза цы замаптæ скодта, цы замантæ?! Хуырхыстонæп хъæдынкъусы фылдæр æмбис х’уырх фелвæ- ста, тасмачъи къоппæй йыл дон æркодта æмæ йæ хæццæйæ æх- сызгонæи бапызта, стæй йæхи къæлæтджыныл æруагъта. Уазæ- гуаты цыма бафтыд, къуымтыл цæст ахæссы. Сохъыр уæйыджы иунæг цæстау зæхбын биноныг хæдзармæ ныгуылæнæй — чы- сыл фæрсаг. Бонырухс аууонмондагæй, мидæмæ цасфæнды ма тындзæд, уæддæр æдде бацæуæгæн талыпг зæхбыны рухсыл ахуырæй йæ цæстытыл, мæйдары куырысдзаутау, цыдæр сауæп- дæргтæ уайын байдайынц. Зæронд лæг цъусдуг æдзæмæй абад- тй, стæй лæдзæгыл æвзидæгау фæхæцыд æмæ фестад. Мæнгæф- сонæй зæрдæ æхсайæгау цыппæрдигъон ставд астæуцæджындз бахоста, скасти аххæрæгмæ, афæлгæсыд уæладзæнтыл. Хæдза- ры астæуцæджындз быныдурыл фидар лæууыд фыццагау æмæ , фæтæп мызыхъ уæхсчытæй бæстон æнцади аххæрæджы роиба- ’ стыл, урæдта агъуысты æппæт уæз 1фæрса:г рæбыны цæджыидз- ; тимæ. Хæдзары астæуцæджындз... Сиæхстæ æмæ хæрæфыртты ’ номхæссæн ныфс; зæрдæлæууæн тых, кад æмæ рады бæллиц- цагдæр сих. Æртæ зылды æркодта йæ алыварс, æртæ хатты . йыл авæрдта йæ арм. Фæхæцыд æфсæйпаг цырагъдарæпыл. 78
Дзæвгар фæкасти цæхджьштæ/ фиутæ ауындзæн болат — æн* дон къæндзытæм,'азмæ йæ сæр нынкъуыста, хъæдæргъæвæны фæллад галауг.ныры хуызæп афтид никуы ма уыдысты рагъын- тæ нывондæгты стад цæхджын фыдтæй! Æрмæст <ма дзы фæт- чыгъæдæн иу къæидзыйыл дзедзырой кæны фиуы цыппæрæм- хай... Цармæ кæсгæйæ къæхтыбыпæй ныуулæфыд, стæй хатыр ку- рæгау Сæрзæды быи балæууыд... Табугæнæгау æм «скæстытæ кодта. Бынатыхицауимæ Сæрызæд цæрæн-бонты æмзонд-æмвæи- дæй аудыдта цардыл, фæстагмæ се ’хсæн цыма цыдæр быцæу- тæ рауайы?! Æнахуыр дызæрдыг хъуыдытæ... Иæ мидсихимæ^ быцæугæнæгау æнæразыйæ къух батылдта, стæй цæхгæр къо- намæ фæзылд. Артдзæсты ма — æрдæгсыгъд сугтæ, æвзалытæ. Дæлтъуры фæлгуыримæ сыл фæнычы рыг сбадти. Зынг æнхъæ- лæй сæ лæдзæджы фындзæй азмæста, фæлæ сонтæй фесхъиуæ- гау кодта: цæхæр бахуыссыд, артдзæст ныууазал! «Гъе уæууæй, гъе! Фыдусы фыдæлгъыстаудæ зынг ахуьюса, дæ арт ныууазал уа...» Хъæрзæгау пыуулæфыд. Кæмæй ма.цы бадома, кæй ма цæмæй азымы бадара?! Дуртæ-хъæдты æмбай фæцард, æмæ йæхи аххосæй сæ артдзæст бамынæг, мыууазал. Мыггаджы хи- стæры фæнычы мыстытæ фæныкгуртæй хъазынц. Уæууæй, уæу- уæй! Æмæ уыдон фынтæ не сты, нæ. Уыдоп ныры дуджы дис- сæгтæ сты... "Ихæнризау уæнгтæ банкъуыста. Иуварс азилыимæ .хъавыд, фæлæ ердойы хуынкъæй арвы уддзæф æрирвæзт æмæ фæныкæй ахъазыд. Уый фæдыл астæурæхысы цæгтæ узæлæгау базмæлы- дысты. Дзедангараимæ зæлангæй базарыдысты. Арвыдурæи ердойæ æрхауынæй тæрсæгау сонтæй фæстæдæр ралæууыд æмæ дзæвгар фæкасти астæурæхысыл баст цæрвæхсидæн цуайнаг- мæ... Быныдурæй уæлувады къæйы онг бæстыхай йæхи арæзт — коид у. Мæнæ бæхдугтæй пæ уыди, иууыл дæрдтыл нæ пыззылд йæ хæдзар, фæлæ бонзонгæйæ, къуындæджы фыдæй, бинонты тыхсыи нæ - уагъта. Цæрæпы фæстаг къулæн сбæззыд, барæй æвæрдау, лæгъз айнæгдур, цыма йæ комбæсты рæдау бардуаг уырдæм хуыздæрæп æрхаста. - Кæуылты разы уыди ’зæронд Текко йæ биноныг бæстыхайæ. Ницыхуызы йæ баивтаид цъупсæр бæстыхайæ. Ныры хъуари- сæртæн сæ хъæдын фæрстимæ зьингæй тæрс. Тыхдымгæты зыр- зыр байдайынц, стыр митуарды — къæс-къæс. Уæдæ сæ лулæ’ пецты фæстауæрцæн арт нæ лæууы. Нæ, мæ фыдыстæи, нæ! Фыдæлтыккон бæстæттæп æмбал нæй цæрæп хæдзарæй фосы скъæты онг. Æмæ уыдонмæ баруагъдæн æвиалыи, уыдоп пæ- 79
хъæуыны помæй куыдфæндыйæ халып ныры кæстæрты хорзмæ ’не ’ркæндзæни. Уыдæттæ йæхицæн дзургæйæ тыргъмæ рахызти æмæ дурыи асины сæрмæ куыд æрлæууыд, афтæ йæ рæзты æфсæддон лæг- ты къорд схызти. Уыцы яухуызон ’кæрдæгхуыз дарæсы се ’ккæйт- ты — уæргътæ, уæхсчытыл — гæрзтæ. Къахыры онг сæ фæдыл суад, стæй сæм къухаууонæй кæсы. Мидхæсты заман ма мæн- шæвикты гуарди афтæ цоппай фæкодтой Хъæдысæры зæххыл... Адон та ма цавæр разыпдзысты?! Гæрзифтоиг адæмы фæстæ кæсгæйæ зæронд лæджы зæрдыл æрлæууыдысты Боболы зноны дæлдзæф-уæлдзæф;ныхæстæ. Уыцы хъазæнæмхаеæнтæй дзурын’ байдайы. Бапъоты уыгæрдæпы цы ’фсæдтæ улæфынц егъау уæ- ладзгуыты, уыдон дам Хамзелайььцъитийыл къахдзопыгътæп бырыдысты. Ацафоиы дæвдæг цъитийыл къахдзоныгътæй?! Æи- дæрхорз ма фенæд ’науæд, уæйгуыты ус! Ныхæстæ æрымысыи- мæ нæхи Собыкъайæ уæлдай нæу. Уыцыæнæмæтæй дзурдзæии. Нал кæстæрæггаг фæхаты, нал хистæрæггаг; Алкæимæ—’ху- марайы ныхас... Цымæ иыр кæм и?! — ацагуырдта цæстæпга- сæй, стæй йæхи азымы дарæгау загъта: Бобол’ы «>кæм и»-йæ чи фæрсы? уый та уымæй æдзæлгъæддæр. Кæм дыи хъуамæ уа ахæм æвæджиауы сæрдыгоп хурбон быдыры рувинаг хуымтæм йæ зæрдæ æхсайы, æви хохы хæдзары ’куыстæгтæм. Кæиæ^ис- куы бæласы бы’н уæлгоммæйæ хуысдзæпи, кæнæ далæ Соймæ ныууад. Ацафон курорты, хъулон-мулон къабаджйптæ уæлдай арæхдæр вæййынц... Уыцы хъуыдытимæ зæхмæ < атутæ кодта, стæй дзуары нæухæст къуыбырмæ куыд фæзылд, афтæ Бобол ’йæ размæ фæци. Йæ^уæхскыл уыцы гæныстоны бæлæстæбарæн расткъуымон хадзонæг, къухы — æрдæгстыгъд хуырзæнг. — Цы фесты æфсæддоитæ? — афарста зæропд лæджы сон- тæй. — Ам мндæмæ баивгъуыдтой,— ацамыдта хъæубæсты хис- тæр лæдзæгæй Хамзелайы.коммæ. — Уæдæ сæ фæдыл бауайои,— хуырзæнджы кæрон ма дæт- ты зæронд лæгмæ, фæлæ уый фæстæдæр алæууыд æмæ пæм дзуры: — Нæ, иæ! Иу халсары зæнг дыууæйæ хæрыи тæригъæд у, æмæйæ æххæст кæронмæфæу. ; Бобол хистæры æмбаргæ ныхасыл бахудти, стæй даргъ къах- дзæфтæй æфсæддонты фæдыл коммæ, баивгъуыдта. Тскко ма, р^гон дурын цыртау, .пæудзарыл алæууыд, стæй уæлмæрдыр- дæм азылд. Дзуары сисы фæстæ егъау фаст къæйдурыл йæхи бауагъта, æнцойгæнæгау, æмæ хъуыдыты аныгъуылд, уæлмæрд- мæ æдзыпæгæй кæсгæйæ. 80
’ Адæмы дзыхы цы бафта, уымæн фæстагмæ æпæ æрцæугæ пæ вæййы. Мит-’митгæнаг цънутау сæ дзыхы хæсты кой(бафтыд, æмæ гуæгъды афтæ нæу. Фæздæг кæцæй скæла, уым истæмæн, æнæ судзгæ нæй. Айфыццаг фæси.вæды хуыздæртæм æфсадмæ уæгъды иа^ сидтысты. Нæхи Силиваиæн, Уастырджи йæ фæ- дзæхсæг, ныр’’фæстæмæ æрыздæхын афон у. Фæлæ ма паддзæх- тæ æз тызмæгдæрæй афæпттæм фæкæсынц. Цæргæцæрæнбонты æз тыхджындæрæй гуымс кæньгнц, æмæ кæд, цæваг галтау, сæ сыкъатæ асæттиккой... Цы йæ хонынц мæпæ уыцы æнæсæттон богъдаби чысыл паддзахады? Куыд дзурынц, афтæмæй Уæрæ- сейæн йæ фадыджы иунæг æмпъузæны бæрцдæр иæу æмæ ны- ридæгæн йæ алыварсы адæмтыл/былар бафтыдта. Уæд цавæр æмбисонд фæци, уыцы гыццылæй йып цастæ æитысы? Æпиу, æдзæрæг хъæуы — рувас æлдар. Дунейы паддзæхтæ сæ сæртæ сæрмæ куы хæссиккой, уæд адæмты раст уагыл иу уынаффæмæ æрцæуи’ккой/ æмæ уазд уыцы чысыл богъдабийæп, цæваг галау, йæ мукъутæ хъæдгæвдæсмæ ныббæттиккой. Фæлæ дунейы пад- дзæхтæ дæр .кæрæдзийы хъæр ни(куы æмбæрстой, Тутыры иф- тыгъд фыдуаг- уæнгуытау цæрæнбонты фæйнæрдæмыты фæхæ- цыдысты. Алæфы кæрæф фырттау ’æфсис нæ базыдтой. Уæу-" уæи„ уæууæи!' Иу та ма дзы æууæнк хуыйны. Æпæууæпкæн, æнæтæригъæдæй цы сты паддзæхтæ дæр æмæ адæм’дæр?! Мæ- ,хи зо’нынхъом фæдæи, уæдæй нырмæ хæсты кой нæма æрсабыр. Тыгъд быдыртæ туджы æвдылынц, уынгæг хæхтæ ’фæдисы цы- рæгътæ судзынц, æмæ кæдмæ афтæ уыдзæни?! Зæронд Текко, æиусы æмбай Тскко, ногдуджы хъуыдддæг- тæн æвдисæн бæргæ уыди,. фæлæ сын цастæ æмбæрста сæ ми- дахаст. Ивгъуыд дугæй ноджы астæу -цыртдзæвæиау баззад æмæ нвгъуыд бонты хуыздæр æвдисæнтæй цæстытыл дзывыр æмæ адæг уайыпц, абопы’ дугæй та гутон æмæ цыппæрдзæлхыг хæд- тулгæ, фидæиы ма цытæ æрцæудзæнн, уымæп та иунæг Стыр, Хуыцау — æвдисæш ^ Цæстытыл уайынц ивгъуыд азтæ, гас чи нал у, уыдоны æв- джидæй, æмæ, уынгæджы ныхстуатау, фæтыхсы, Йæхи карæн- тæй — нæ, йæ цоты карæнтæй дæр бирæтæ æгас пал сты. Уый фыдæнæнгæн’æгау цæры æмæ кæсы, Фы’дæлтыккон царды фæтк куыд баихсыди, уымæ. Бауырпæд уæ, кæсы æмæ тæригъæдæй йæ цæстысыгтæ акæлынц, цыма фыдæлтьг фари, фæлахс дзо-; пыгъау, барæй сауыл фæластæуыди. Гъе, уæууæй, гъе! Кад æмæ рад, цин æМæ маст, ’кард æмæ фыд дугъ рауагътой, æмæ цы боиы сæрæи, цы фариы хуыздæ- рæи?! Иугæр мыггаджы хистæр æгъдауыл кæстæрæггаг ратты- нæн,' хистæрæггаг райсынæн нал бæззы, уæд ма цы у йæ бирæ 6 Мах дуг № 2—3 , ’ 81
цард! Хуыцауæй — хатыр, азымы йæ нæ дарын, фæлæ мæлæт дæр — кадыл. Æниу, фыдæлты загъдау, æпæ адзалæй мæлæт нæй, æнæ мадзалæй хъысмæт. Хуыцауы тæрхонæй — йæ цæрæн- бон... Табу — йæхицæн!.. ’ Уæззау хæссинаг æккойгæнæгау дуры æнцойæ, сабыргай растад, уæлмæрды кæрæтты азылд, цыртытæй цалдæрыл йæ армытъæпæн авæрдта, стæй зæппадзы фарсмæ аууоны балæу- уыд... æмæ, уæззау хъуыдыты ахæстæй фервæзыны адæргæй, комбæсты æрдзыл алырдæмыты фæлгæсы.. Хæхбæсты еæрдыгон хурбоптæ хинайынгæнджытæй хъазаг стчы. Хуры зæлдаг тынтæ куы тызмæг Тбилсайы хохæй расайынц доны сыгтæ, куы Хамзелайы ныллæг уæхсчытæй, æмæ уыдон кæрæдзиуыл кæмфæнды ма сæмбæлой, уæддæр лыстæг сасирæй луарын байдайынц уарыны æртæхтæ. Ахæм заман арвæрдып дæр æркъæлæт вæййы комы иу фарсæй иниæмæ.æмæ æрдзы удæнцой хуызтæ — ахорæптæй хæрдгæ тыи уафын байдайы. Фæлмæн, хъарм хурнайæны сæрдыгон сыгтæ... Цалдæр æр- тахы дзы зæронд лæджы буарыл дæр æрхаудта æмæ æхсызго- нæй сулæфыди, стæй фенкъард, дзых дойныйау асур-адæрзæг. Цæстытыл ауад æндæразы ацафон. Уæддæр арвы сыг Хамзе- лайæ афтæ рахъазыд, æмæ хур нрд цæстæй кæсгæйæ йæхи надта. Æрзылди зæронд Текко мидбынат, цыма йын райгуырæн къуыппыл бæстои æрлæууыпы фаг за^хх нал фаг кодта... Æн- дæразы ацафон! Цæсгомыл армытъæпæнæй фæхæцыд, зæрдæ йæхи рйуы къултыл бахоста, хъустæ куыройььдонмарæны раз лæууæгау сыр-сырыл систы. Ныууынæргъыдта къæхтыбынæй... Дыккаг сæрд хъæубæсты, мыггаджы хистæры кад æмæ радæй фæхауд-фæцух. Бæркады буц фьшгыл йæ кæстæрты уæллаг- варс хистæрæн иал æрбадти, Дьиккаг аз уæлæуыл зындоиы ар- ты судзы бынтон æназымæй, æмæ йыл мыггагæй иу дон бака- лæг нæ ф’æци. Гъе уæууæй, гъе! Уыйæппæт цæрæнбонты хæрз- тæ йып цы фесты? Иæ бирæ бонты, ау, æппын нымдæй ницы уыди?! Æвзонгæй нырмæ фыптæ уыдта, æв’и мæрдты азым дæр æнусты уайдзæфæй йе ’ргъомы баст æрцыд? ч Уынгæджы ныхстуаты лæууæгау сæр ныттылдта, стæй сабы- рæй загъта: ^Æвæдза, рæстæй цæрын уæлдай зындæр у».— «Дæ бонæй уай,— дзуры йæ^м арф кæцæйдæр мидсих,— æмæ иууыл рæстытæй Хуыцау куынæ у». Мидсихы хъæлæсмæ зæронд лæджы хъуыдытæ хосы арвисто- нау сæмтъеры сты. Бынтон æназымæй кæм фæцарди, фæлæ ал- цæмæп дæр ис æфсоиимæ бæрц. Бæрцы фæлгæттæй кæд искуы ахызти, уæддæр æнæ иу æфсонæй нæ уыдаид. Мæ фыдыстæн, нæ! Æмæ æпæ бæрц хыицгæйæ иугæпдзоиы æфсæпттæ чи агу- 82
ры, уыцы хистæры цы номæй рахуындæуа? Мыггаджы лæгтæй мæ никæй тæригъæд хъæуы, фæлæ ады хиуарзои ды’ккаг хиа- тæр, цæваг галау, уæгъдибарæй архайы; Йæ уæздан æфсымæр- ты æгасæй дæр дæле уæлæмæ дзураг-уынаффæгæнаг уыди. Рухс дзæнæты фæбадæнт йе ,'фсымæртæ, куыддæр бацъыид сты, аф- тæ бындарæй æлдар басгуыхт. Бæрæгбоны фыпджы уæлхъус дæр æппæтимæ æздæнæй архайы. Æфсымæрты цотæн куыд хистæрæй сæ сæртыл афтид сыкъа æрхойы, сæ’рихитæ сып раи- вазы, сыздухы. Уæд цавæр æмбисонд ’ фæдæ? Уыдон <дын хпс- тæры хатыркæй кæнынц, ’уый цæмæпнæ æмбарыс?! Цалдæр хатты йын загътон йæ азым, æмæ мæм фыдызнаджы зæрдæ ба- дардта! Æргомæй-сусæгæй мæи алхыокъ кæыын — йæ уды бæл- лиц. Куывдыл «оммен» иæ’зæгъдзæни, афтæмæй ма йыл уæл- дай сыкъатæ бафтауы. Бæркад зæгъынæй та бынтон йе сæфт уыдта.^ Уæвджедæр, уый диссæгтæ! Кувынмæ, дам; иæ арæхсыс æмæ хистæрькбыпаты ма бад. Уæд куыд æгъдауæй нæ арæхстæн? Уæлдай рæгъ куы иикуы фæкодтон, рæдыды фыдæй пвары сы- цъа куы никуы банызтон.* Уæд дæхи цæмæпнæ уыиыс?! И цæ- мæнцæ уыныс дæхи?! Рæгъыты уæлдай ивары сыкъатæ кæй фæ- нызтай,-уыдонæн банымайæн куынæ уыди. Æниу ма ныр цы дзурæм, фæсмарды тæрхæттæ ма~цы хас- тæуа? Цæмæ бæллыдтæ, уый баййæфтай — хистæры быиат æр- цахстай ныр дыккаг аз, æмæ дæхи фæндиаг у, хъæубæсты та Хуыцау дæ" фæпдиагæй бахизæд. Мæн фыпджы уæлхъус ас- хуыстай, Силиваны амоид бирæ уæд, рацахста мæ хаугæ-хауып, æндæр дзуарбыны æмбонды сисыл мæхи пыппырх кодтаин, æмæ мыггаг дæр фидиссаг кодтой... Фйдиссаг, мæфыдыстæн, æмæ Хуыцауæй разы, фыдбылызы онг æвзæры коммæ пæ ба- каст!^ , Сæ куывды фынгæй хъæубæстге уыцы боп æнæ бæркад.баф- таугæйæ фестадысты худинаджы гамкæн, æмæ уый быптон агайдта зæронд лæджы мидсагъæсты. Куы сæ афæлмæцыд, уæд йæ къух ауыгъта æмæ акæсæны былмæ атындзыдта.^Фæкасти фæндæгтæм, фæхъуыста уыпæрмæ, æмæ нæдæр цæуæг зынди, нæдæр цалхы хъæр хъуысти. Хъуызæгау æмбондгæрæтты ауад, стæй кауыл ’феицой кодта æмæ Фæзы хуымты хорты æвзармæ лæмбынæг кæсы. Цæстыхаутау хъæбæрхоры æфсиртæн сæ сыг фæтынг, сæ нæмыг фæиæрст æмæ æхсырдзыды хъалæй кæрæ- дзимæ æвзидынц. Комы уддзæф се ’хсæн куы бацæуы, уæд уылæнгæйттæй ахъазыиц. Ныфсæвæрды, зæрдæрайды хоры хуымтæ... Боныгъæд иугæн- дзонæй афтæ нывыл ахаста, уæд фæззæг — бæркадарм, Æмæ 6* 83
хуыздæр фæуæит/ хуыздæрйæ хъæубæстæ: хæрзкуыст æрцыды- сты ацыйазьгхуымтæ, уæлдай мæгъæлдайы бындзыг сæ нæ зы- ( пы, æхсæнмæ-æхсæнты ирон тымбыл хъæдуры сыфдзыд зæигт’æ ’ дидинæг’ акалдтой æмæ кæрддзæмæнгæс фесты. Гъемæ, Уацил-'' лайæн — табу, хъæубæстьГиумæйаг бæркад та — хицæн биион— ты амондæн. Æхсызгоны хъуыдытыл фæци Текко æмæ йæ цины цæссыгтæ амопæн æнгуылдзæй асæрфта. Цы ма уа хорæрзады ’ цйнæй хуыздæр?! Дæ бæрæгбопы къух дæр ифтонг, дæ. уазæ- - джы хардз дæр арæзт. Æмæ хъæубæсты бæркадæй, ’бауырпæд уæ, мæхицæй рæвдыддæр ничи вæййы. Куывды иумæйаг фып- гæй, бирæ фæцæрæнт нæ фæсивæд,— сæрмагонд хай æмæ иуа- зæн, хицæн хæдзæртты кувинæгтæй — дзаджджын хæйттæ. Гъе- мæ сын куыд хæрзаудæндæрæй, мæ бæсты Стыр Хуыцау арфæ- тæ ракæнæд!.. < ’ Сæрæгасæй ныр Атынæгмæ бирæ нал и, йæ уæлвæд æрба- лæууы Цыргъисæн, æмаё та æнæвдæлонæй удисæны, удрæвдауæ- ны фæззæг бурдзалыгæй бахуддзæни. Уыгæрдæнтæ, ’хуымтæ змæлæг фестдзысты. Ахæм заман ку^ысты монц æмæ фæллойы цинæй, бауырпæд уæ, мæрдтæ дæр рабадынц! Гъе-мардзæ, гъе! — йæ уæнгтыл схæцыд Текко. Ауæдзæй ауæдзы астæу æруыд- та ногкарст чхуымты хоры æфсирджын куыристæ/уыгæстæ, хъиутæ; ногдаст уыгæрдæнты — æрмамæдтæ, бынывæрдтæ, мæ1 къуылтæ... Гъе-мардзæ, гъе! Иæ ронбастыл фæхæцыд. Ногсæрст * мусы тæф æмбудæнтæ ахъыдзы кодта: Хъуццæджы къæлæт астæухъилимæ хурмæ ферттывтой. Наййаг стуртæ уæззау улæф- тæй æмдымбылæй зилынц... Куыд фæстагмæ хоры кæритæ дым- гæмæ дардæй цæстытыл ауадысты, æмæ фырæхсызгонæй йæ комыдæттæ аныхъуырдта.. ’ ! , Хоры дымгæмæдард кæритæ... Удæгæстæй мæрдты астæу рæстæджы æвджидæй æууæичы, æфсармы фæндæгтæ кæмæй фæ’нади, уыцы æлутбпы дымгæмæдард сыгъдæг хоры кæритæ. Фыдæй фыртмæ фыдæлтæ ард кæмæй фæхордтой, сомы кæмæй фæкодтой, уыцы æмбисонды кæритæ!. Фасцæл’ куывды фынгæй цыма фестад æмæ райгондæй æр- дзы фæлмæн хъæбысы хибарæй аззад, раст уый хуызæн фæн- даджы былгæрон нæууыл æрбадт æ’мæ комы улæфтмæ айхъуы- ста: Нæдæр уæле зынæг и, нæдæр дæле цæуæг, æмæ иугæпдзо- ны уазæгахуырæй хъустæ æхситт кæнын байдыдтой. Уалынмæ цалдæр галуæрдоны æрбацыд’ дæлæрдыгæй. Гуылурæц хосы- хъилтæ Уæллагбæстæм чи ласы, ахæмтæ...— хъуыдыты та аны- гъуылд зæронд лæг. Бæстæп диссаджы зæххытæ хуымæй, сæр- вæтæй, уыгæрдæнæй, хъæдæй нымад уыдысты фыдæлтæй ныр- мæ Хъæдысæрыл, хæргæ та сæ Гуырдзыстоп кодтой. Æмæ мæ- " 84
сыг йæхи дурæй кæлы. Хуыздæр ма фæуæпт ХуссарИры хи- цæуттæ! Сæ фылдæр цæрæнбонты Гуырдзыйы\сыдзыбырд уы- дысты æмæ’ сын Хъæдысæры зæхх дæр сæ фыццаг скодтой. Бауырнæд уæ, окодтой бынтон Хуыцауы лæварæн, гуыбыны хæрдæн. Тæвд цæхæр сын ацæуа уыцы гуыбынты! Гуыбыны коймæ’йæ зæрдæ хæрыи æрцагуырдта, æмæ сихо- ры къæбæр ахæрыцмæ фестад. Йæ фестынмæ лæбырды астæу- ты æртæ роды æрбахызтысты, æмæ сæ иу былмæ схизæпы фæ- цудыдта æмæ йæ раззаг къæхтæй ауыпдзæгæй аззад. Уастыр- джй де ’мбал/ зæгъгæ, йæм фæзылд зæронд лæг, æххуысгæнæ^ гау, фæлæ уæдмæ цæрдæг род’амæлттæй фæндагмæ схызт, æмæ йæм дзуры: «Хуыздæр фæу, хуыздæр! Гайлаг рбдæй бæрæг вæй^ йы, æмæ Уастырджи æппæты разæй сæрæптæн феххуыс кæпы». Сæрæнты коймæ цæстытыл ауадысты Дзæрæхы цæдисыгалы диссæгтæ. Уый дæр раст ацы хурхауæй асхъиудта. Йæхицæй хъаруджыидæр, хæрзарæхстдæр цæдисыгалæн ссарæн пæ уыд. Æмбаргæ адæймагау коммæгæс, сабыр. Æрмæст æм , иу, лаз уыди: ,хосы, хоры мæкъуылтæм уæгъдибарæй баирвæзт æрæг- вæззæджы, уæд сæ йæ гъила сыкъатæй арвистонау цагъта, хъа- зыитæ-иу сæ байдыдта. Æниу, фæззыгоп рæгъауаг галтæн пог- карст хорты хъиутæм æмбонды ’ сæрты багæппытæ кæнынæй æхсызгондæр ’цьг’радтаис? Хизæиарæхæй хуымты æмбæндтæ, хосты бырутæ риуæмбæрцæй мидæ^мæ тыдтой. Иугæр баирвæз- тысты, уæд та сæ ’æддæмæ раздахын фæзын: кауы сæрты фæс- тæмæ рагæппыл зивæг байдайынц æмæ дыууæрдæмыл схæцыйц. Цæвиттоиы хъуыддагæй, Дзæрæхы гал иу мæйрухс æхсæвы бонырдæм ногкарст хоры ’хъиутæм баирвæзт. Куыпнæ сыл, са- бухтаид йæ пæлæхсар сыкъатæй. Текко йæхи хъуыдыйы дуар- мæ куыд рахызт, афтæ хæстæг хуымæй уынæр айхъуыста. Кæй- дæр стуртæ хоры амæдтæм баирвæзтысты, зæгъгæ, куыд ба- тыхст, афтæ ’ фæлурс мæйрухсмæ дыууæ æндæрджы ауыдта. Агъæц, хъæубæсты лæгтæй ма зæрдæхсайдæй чидæртæ бæрæг’- гæнæг рауадысты æмæ сæ уыдои здахдзысты, зæгъгæ, асины сæрмæ лæугæйæ баззад. Хъусы уынæрмæ, кæсы дыууæ æндæрг- мæ. Уалынмæ уæззау цæфтимæ фæцыд стуры «богътæ,'æмæ зæ- ронд лæг хъуыддаг бамбæрста: сонт цæфтæй æгомыг фос фез- нæт уыдзæни бынтоп. Сабырæй йын бæргæ уыди раздахæн, фæлæ масты фæдыл чи рацыд, ахæмтæ. Чи уой? Мусырдæм æй пæ къæхтæ ахастой æмæ полоси сисыл фенцой кодта. ^Уæдмæ дыууæ æндæрджы тарст галы хуымы кæронмæ ра- тардтой. Æмбонды уынгæг къуымы йыл уæззау цæфтæ æруад, æмæ цæф арсы богътæ ньжкодта, стæй кауы сæрты фæндаджы нарæгмæ агæпп ласта. Оххай, зæгъгæ, ныккæрзыдта зæронд 85
лæг: фæпдаджы парæгыл гал йæхи .куынæуал баурома, уæД лæбырдæй асхъиудзæни, æмæ дæ фыдгул афтæ! Цæмæй фæ- тарст зæронд лæг, уый æрцыд, гал йæхи пал баурæдта æмæ дæллаг фæндагыл сæрбихъуырæйттæй балæууыд. Фæлурс мæй- рухсы «хæрзгæнджытæ» сæ цæвæнгæрзтимæ æмбоиды сæрты бæстон рахызтысты æмæ дæлæсыхмæ аууæтты ныивгъуыдтой. Текко сæ базыдта. лæгæй-лæгмæ æмæ скатай. Искæмæты ба- дзурпд æмæ цы хуызы?! Куы фергом кæна фыдгæнды диссæг-* тæ, уæд зæгъдзысты, сæ фæдыл барæй зылди. Макæмæ бадзу- ра, æмæ гал иыххæдмæл уыдзæпи стыр тæригъæдæн. Сæхир- дæм фæзила, афтæ Дзамболат пæ разы алæууыд æмæ йæм дзу- . ры: ^ - . ’ — Дыууæ фыдгæнæгæн æртыккаг лæг — комдзоджы хос. Æгайтма сæм кастæ. Рæгъауаг гал фæхæдмæлæн æвгьау уыди, фæлæ йын цы нæ бои у. Нæ удыбæстæ ардыды ’бæсты бацæу- дзæни, уымæп æмæ галы хицауимæ йæ марджытæ махæй’ ха^с- тæгдæр сты кæрæдзимæ туг-стæгæй. Фæлтау банхъæлмæ кæ- сæм, кæддæра бопæй цы хуыз равдисиккой иу артæй байуар- гæтæ». * , 1 ... — Æмæ кæй гал уыди?! — афарста уæд ’ Текко сонтæй. — Дзæрæхы гал, нæ хистæр, Дзæрæхы,— загъта уæд æрго- • мæй Дзамболат, йæхæдæг ма æмбæхсæгау йæ ныхасыл баф- тыдта,— æмæ мæ гæды ныхасы тыххæй райсом каурæбынмæ ныккæс, кæддæра дзы сыкъайы састаг нæ уаид. ’ Мæрдты рухс дзæиæты фæбадæд Дзамболат! Царды хъæр- мæ лæм’бынæг хъуыста. Райсомæй уыцы æмбонды рæбын Дзæ- рæхы’галы тугæйдзаг сьгкъаимæ разынд нæ богъдаби ног хис- тæры сагойы састаг дæр, æвæццæгæн ын кæм аззад, уый нал æрхатыдта. ’ Зæронд Текко дзуары бын ард бахордтаид уæд, марæджы цæсгом адæммæ хæстæг æрцæуын нал бахъæцдзæпи, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыд. Галы хицауы раз хъыгзæрдæйæ балæууыд æмæ йæм дзуры: «Дæ бинонты сазрвæлтау фæуæд, æмæ дын Хуыцау хорз фостæ раттæд!» Ницы уæлдайæи загъта уæд Дзæрæх. Галæн йæхи фæазым- джьш кодта. Бастыгъта — ма йын йæ царм. Йæ нард фыдыз- гъæлæй Бадæгчызг сапæттæ фæфыхта æмæ сæ ^стыр аргъыл фæуæй кодта. Куыд фæзæгъынд, гал марæггаг —’хъугК. Хæдзармæ тындзгæ-тындзын мæстджыны тутæ акодта зæ- ! ропд лæг, йæхæдæг йæхи азымы бадардта: «Гъемæ, мæнæй уый, 1 мад, фыдæй ма райгуыр, ды уыцы бынхоры сусæг фыдгæндтæ мæрдтæм æмбæхстæй куы фæхæссай! Дзæрæхæй мысты фæд сауыл æнæ фенгæйæ куынæ зайы, хорз дын зопы дæ фыдгæнд- тæ, фæлæ æфсæрмæй мард у æмæ дæ цæсты никуы ницæмæй 86
бафтыдта баххуысы, бацаудыны уæлдай. Де ’фсымæрты ип’нæ лæппутæн та дæ хабæрттæ фæдзурдзынæн, мæнæ уал рувынæй æрыздæхой...» * Майстджын — дзураг, стонг — хæраг, зæгъгæ, æмбисондæн баззад, фæлæ зæронд Текко нæдæр сæ бирæ дзурæгтæй уыди, нæдæр сæ бирæ хæрæгтæй. Цы сфæнд кодтаид, уый та кæрон- мæ æххæст кодта. Йæ къухтæ ахсадта тыргъы бахизæны, стæй сабыргай ба- хызт цæрæн хæдзармæ. Акаст къуымты, сывæллæттæй дзы куь! никæй æрхатыдта, уæд гайлайæ æхсыры æссæст райста, æрæ- вæрдта йæ æртæкъахыг тымбыл фььнгыл æмæ фæхсбандоныл нкллæг æрбадти... Рагацауы æхсыры æссæст. Цыфæнды хъæбæртæ дзы ма бас* сæнд иогдыгъд æхсыры, гыццыл алæууыдысты, уæд раст цым* гæйау афæлмæн вæййынц, æмæ — æмбисонды хæрзад. Дæнда- гæй хъаст нæма кæны, фæлæ фæлмæн хæринаг æнцопдæрæй тайы. ’ ^ Хъæдын уидыгæй дзы цалдæр комдзаджы скодта, стæй хъæ- рæй фæрсы: «Цымæ Хуыцау рæстæгты фарс фылдæр рахæцы, æви зылынты?.. Хатырæй мын фæуæд, фæлæ бынтон зылынты фарс куы фæуа не ’ппæты сфæлдисæг, уæддæр рæстæй цæры- нæн æмбал иæй.-Мæ фыдыстæн, нæй!» — фидарæй дзуапп радта йæхи фарстæн, æмæ бæстæ ныррухс. Гыццыл рудзынгæй фæс- сихоры хурытынтæ хæрдгæбыдтау ба’калдысты... * * * Сусæны æнтæфы тыгъд быдыры кусын хæххон адæмæн уæл- дай зындæр вæййы. Æвæлтæрд-æпахуырæй улæфт æнуды нал фæфаг кæны, зæрдæ уазал дон фæцагуры, зæхх куыд аууондæ- рæй адæимаджы йæхимæ æлвасы. Сылтаныхъы тыгъд быдыртæ Урсдоны галиу былгæрæттæм æлыгбын арф æрхытæй бæргæ æххæссынц, фæлæ тæвд бонты сæ дойны нал фæсæтты, цы гæзæмæ хъарм суадæттæ дзы æв- зæры, уыдон дæр сылыхуызæй дурдзагъд атагъамæ æввахс цы- дæр æрбавæййынц. Фæсхурхæтæны дæргъвæтин хурты уæлфат быдыр сырхбын цъæх фæлмы змæлын байдайы-бонрæфтыл. Æптæф æмæ-сатæг уæлдæф тыннывæндæгæй ахъазынц, æмæ зæххæй арвы астæу æнахуыр цæстæнгасæн род галыйас свæййы. Гомсæр, бæгънæг гуырæй хурмæ дзæвгар алæууыдтæ, уæд буар тæппалсыгъдæй æлхысчъытæ байдайы. Боиыдæргъы мæнæ хæхтæй нæ раулæфы рогбазыр Галæгон, уæд дзыпгатæ тугмондагæй буармæ лæбу- $7
рыиц. Æвæдза, сусæны тæвды быдыры диссæгтæ! Райеомы <са- * тæджы змæст донæп къæртайы фелвас, , ацудас дзы ныппар, æмæ’ сихæрттæм æрбаддзæни, æрцъæх уыдзæни, науæд дзы хо- ха’джы зæрдæ баназын кæм хæссы сыгъдæг допыл ахуырæй. Рувыс, уæд райсомы сатæгыл — фæсаходæимæ, изæры дымгæйы — фæсахсæвæрмæ. Бонрæфтыл аууои агур. Йæ дон доппы нæ сæтты, фæлæ дзы пскуыдæй-искуыдмæ цыиæ баназгæ ис. Бы- дираг змæст допæн . йæ бирæ нозт та — ризæджы хос. .Хуыцау бахизæд, фæлæ дыл змæстдон пуазгæйæ тæфсæг бахæцыд,1,уæд ф’ыцгæ хуры æхсидæнмæ дæр уазалæй" гæв-гæв^ каендзынæ! Рапсомæй раджы фсстыиыл архап, æхсæв афоныл бафыпæй кæиьшыл, науæд хохагæп быдыры кусæг нæй, уæнгмардæй рай- вæз-байвæз байдайы. ’ , Хъæдысæры рувджытæн сæ партхоры хуымтæ æртæ æрхы астæу, сины æвзаргæ хайау, хибарæй аззадысты. Хæдзаргай алчи йæ дæсæтип хуымы хай рувы. Хайæ хаймæ нартхоры æв- зартæ цæстгай кæм бæзджындæрæй сæхи равдисынц, кæм — тæпæгдæрæй, фæлæ сæ æмткæй зæрдæ райы, цæстæигас сыл .улæфы. Ныридæгæн фылдæр рæтты æвзартæ æртæсыфонæй арх- дзыд фесты. Къухæйтыд хуымты кæм згъуырдтæйч аззайы зæхх иугай æвзартимæ, кæм та — бæзджынæй-гуппарæй суайынц, æмæ фæтас-фæгуыбырæй хæрзкуыстыл архайы алчи. Хайгай, хæдзаргай æрлæууыдысты, уæддæр се ’хсæнты’ арæнбæрæг-иæй, æмæ сыхагæй сыхагмæ иыхасы æмбæлттау фæиутæ вæййынц. Цыргъ къæпиты сыххуыттимæ хъуысы къордгæйттæй сæ ныхас. — Хуымæн йæ бæстон бакуыст фæззæджы тыллæгыл куын- нæ зыны, фæлæ йæ бакæпынæй йе ’ртонынмæ боныгъæд бирæ ахады. Фæсрывд ма сыл фæлмæн къæвда æрцыд," уæд ,бы*нтон сæ хуыз скаликкой. — Фæсрывды къæвдатæ хоры æвзартæп — æвдадзы хос, фæ- лæ ацы гæрзæхсæн,' лывдзæг æмæ бырдæны мыггæгтæн хурхæ- тæны уарынтæ — сæ амидингæпджытæ. Фынддæс лыджы ’сын куы акæнай сæ уидæгтæ, хурмæ бон-изæрмæ дзæгæрæгау куы бахус уой, уæддæр сæм доны æртах искуыцæй æрхаудта, уæд ногæй зæххыл фæхæцынц, æмæ рæзыимæ та — æмбисонд. Ды’у- уæ* къуырийы, дæргъы сæм хъусдарæг нæ ’фæци, уæд хуымтæ кæрдæджы бын фæвæййынц. — Дыууæ къуырийы сæ уæлхъус кæм баддзыстæм, фæлæ ’уыциу фæдыл — бæстоирывд. Цыргъ къæпийæ цы ралыг кæна рувæг, уый дæр къухæй æхсæст куынæ цæуа, бæзджындæр æв- ^артæ топгæйæ, уæд сыдл<ыты бып фæстæмæ фæхæцы,— фæ- дзæхсæгау дзурынц хъæубæсты лæгтæн сæ хистæртæ куыд ба- рондæрæй, æмæ кæстæрты дæр бацагайдтой. 88
,— Æвæдза, ацы тæвд хурты фæлмæп къæвда партхоры зев- зартæн уæлдай æхсызгондæр уаид, уæдæ нæхæдæг дæр гыццыл фервæзпккам æитæфæй. — Боныхъæд мах коммæ куы кæсид, уæд уарын æхсызгон хъæуы, бæргæ. .Уарыны цъусдуг абадиккам, аулæфиккам. — Науæд, зæгъы, иу æнафонæй иннæ æнафонмæ æнæ ба- улæфгæйæ рувæм,'—- фæкъабаз сын кодта сæ хьуыды хистæр- тæй, чидæр,—уагæры быдырты цæрджытау фылдæртæ хкуы ру- впккам. Дæлæмæ дæр ацы фæйнæ дæсæтипы æмæ уæлæмæдæр. — Уæдæ, уæдæ,— айстой ныхас карздæрæй хистæрты къорд. — Сæрды дæргъы æхсæвæй, бонæй дæ хид фæкал/фæрув бы- дыртæ.æмæ фæззæг дæ куыстæн цы райсдзынæ, уый ма зон. Афтæмæй бирæ фæллойбонтæ скæн. ’ . , • — Фæллойбонтæн дзæвгар тыллæг чи райсы, ахæмтæ вæй- йы. — Ахæмтæ куыннæ вæййы, фæлæ æппæт кусæг адæмы къух нæ саразынц фæззæг, æма^ хорхъуагæн æмбал нæй. / — Æхсæны куысты, æвæдза, бирæ уæлдай митæ æмæ хъуыд- дæгтæ и. Иутæ бæстон кусынц, иннæтæ — куыдфæндыйæ, æмæ дыууæ къордæн дæр иу аргъ — фæллойбон. Чи цас барывта бæстонæй, уымæ та хæйрæг æркæсæд. ’ — О, о... Уæлæнгæйтты ч.и кусы, уый хъуамæ фæззæг фыл- дæр тыллæг раиса, æмæ афтæмæй куыстуарзонты зæрдæ азæй- азмæ сæтты, сæ уæнг нал фæрайы. 1 —. Æмæ сæм цы хæрам и фыдæбойнаджы куыстуарзонтæм! Æхсæвæй, бонæй дæ игæрæй зæхх мæрз æмæ дæ бинонтæн, æп- пып ницы, фæлæ нартхоры къæбæр фаг бахæрынмæ ма уæд. — Афтæ. у иумæйаг царды хъуыддаг, кæмæн — ницы, кæ-. мæи — исты, æрмæст паддзахады хæстæ уæлдайджынтæй ба- фид. ., , — Иумæйаг цардæн иумæйаг фары куынæ уа, уæд æфсæст æххормаджы рис нæ зоны, æххормагæн куыстмæ йæ уæнг нал фæрайы. Мæпæ йæ нæхицæй райсæм. Иу хъæубæсты-иу мыггаг æмæ не ’хсæны кусинæгтæм æмзонд-æмвæндæй би!рæ хæттыты æрæвналæм? Иутæ сæ удæй арт фæцæгъдынц, уæдæ иын исты- гар бантыса, инпæтæ бонасадæнæй æфсоны змæлд байдайынц. Фæззæг хор, хос’исыны заман та нæ магусаты баруагъд хæйт- тæ фæхъæуы. '’Дзырд дзырды къахы, ныхас ныхасы агайы, æмæ уæнгты æх- сызгон змæлдимæ Галæгон дæр искуыдæй-искуыдмæ арфæйы гаджидæуттæ рауадзы. Хорзæхты бæрны та Зæхх æмæ Арвы уæздан митæ — лæггæдтæи кæрон нал вæййы. Æхсæвы æндæрг- тæ бонивайæнмæ’сидынц, бопы хураууæттæ изæры талынгтæм, афтæмæй рæстæг уайы, æмæ пымад бонтæ семæ фарн хæссынп. ^ 89
, Хæхтæ — быдцртæп пывæрзæи, быдыртæ хæхтæн — æмбæр- зæн, афтæмæй цардыл бæргæ аудынц, фæлæ сæ, адæймаг иугæн- дзоны хиуарзонæй фæлгъуыды кæны, агайы сын æнæвгъауæй сæ хъомысы дадзинтæ. Æнæфсисы хиуарзон адæймаг!.. .Уæд дæ цастæ хъæуы? Дæ хидгуысты фæллæйттæ иугæпдзоны рæстау- дæнæй-хæдзарыл хæцгæ фесты, бинонты фарсыл бахæцыдысты, уæд хъæубæсты æгъдауыл фæткæй сауд,'æмæ Хуыцауæй — ра- зы, Чырыстийæ — фæдзæхст. Искæй фæллæйттæм хæлæгæй мæ- лыс, магусайæ тыхтоиайыл сагъуыдтæ, уæд — æлгъыст æмæ фæлдыст. Царды уыцы æргом хъæрмæ кусæг — фæллойгæпæг адæм фыдæй фыртмæ лæмбынæг фæхъуыстой æмæ ахупгр уыдысты фыдæбæттыл. Хъæубæсты хистæртæ иугæндзоны быхсагæй кæс- тæртæн ныфсытæ авæраг вæййынц æмæ фæстауæрцы нымдæй ныхасы кæрон балхынцъ кодтой. — Адæймаг фыдæбæттæн конд у, мæ хуртæ, æмæ быхсын дæр — фæрæзæн амал. Хур нæ судзы, цæхджын хид буарыл рыгау сбадт, зæрдæ уазал дон агуры, фæлæ ницы кæны. Æнæ- рывдæй ма цы дыууæ, æртæ хæсы аззад, уыдон райсом аходæи- мæ фæуыдзыстæм, .стæй—«цæуыны цагъд. — Цæуыны цагъдимæ — фæстаджы ерыстæ, æрмæст цыргъ къæпитæй бæгъæввад къæхтæ бахизут,— райгондæй сын дзуапп радтой кæстæртæ. * * * Фæстаг райсом уæлдай раздæр фестадысты Хъæдысæры рув- джытæ. Цумахъом лæппутæ, хæдзармæ здæхыны цинæй, бæх- тыл абадтысты æмæ Урсдоны æрфытæм — найынмæ. Рады æф- синтæ фыццаг аходæны хардзмæ февнæлдтой, стæй — фæндаг- гæгтæм. Хъæубæсты хистæртæ æркастысты бæстон уæрдæттæм, бæхифтындзæн дзаумæттæм. Семæ гуылурон сиæхстæ, уыдонимæ зиууоны номæй зонгæ зæронд лæг. Уымæй уæлдай æфсæрмы кæнынц хъæубаостæ. Хъæстагæй сæ куы фæцæуа, уæд цæрæнбонты дзырддаг. Дыу- уæ, æртæ голладжы хор.ыы уæддæр азгъалдзысты йæ куысты ныхмæ. Уæдæ куыд? Сæхи хъуагæй дæр уазæгæн — лæггад. Æр- мæст ацы райсом цыдæр æрæгмæ сты. Бафæлмæцыд æвæццæ- гæн. Куы йæм сæ иу бакæсы мусонгмæ, куы — иннæ. Хур бæн- дгрнбæрцæй арвыл суади æмæ ныридæгæн судзагæй æлхысчъы- тæ кæны буар. Бæхгæс лæппутæ найæнæй фездæхтысты, æмæ хохмæ цæуыны цинæй сæ зарæг хъуысы. Зиууон уазæгæн хъæ- лæбамæ йæ фынты хал фескъуыд æмæ рабадти. Йæ цæстытæ 90
асæрфта, скасти хурмæ æМæ йæ сæр ныттылдта, цафонмæ фæ~ хуыссыдтæн, зæгъгæ. Уыцы уысм æм фысымты хистæр уайдзæ- фау дзуры: — Иу изæрæй иннæмæ фæхуысс æмæ ма райхъал у. — Æцæг зæгъыс, æ’ви? — фæдызæрдыг уазæг. — Нæ кæсыс хурмæ, куы фæныгуылы, алчи рувынæй куы æрбаздæхт. , — Уаих знаг фæци, æмæ мæ куыннæ райхъал кодтат?! — баууæндыд уазæг фысымы хъазæн ныхасыл, æмæ йыл иннæтæ хъæлæсыдзагæй ныххудтысты. Хæххон лæгæн тыгъд быдыры æпахуырæй райсомы хурыс- каст изæры хурныгуылдæй зын рахатæн у æваст фехъал кæн- гæйæ: нæ дзы иуырдыгæй уæлдай бæрæггæнæи вæййы, нæ ин- иæрдыгæй. Иннæты худынмæ хъуыдытæ бынат ссардтой æмæ йæ къух ауыгъта, стæй афарста: — Бæхтæ хæстæг хизыпц? — Бæхты астæу дæр дæ бæх æмбисбонмæ’фæхуыссыд уæр- тæ дыууæ æрхы ’хсæн, ныр къæхтæбастæй хизы. , — Уæдæ æнæдонæй сфæлмæцыдаид,— зæгъгæ, куыд рахызт, афтæ лæппуты хъæр хъуысы: — Уазæджы бæх æрхы ныххаудта, æрхы! Бæргæ ма’ йæм бауадысты, фæлæ къæхтæбастæй арф æрхы уæлгоммæ сæмбæлд æмæ хуылфхæлдæй йæ комыфынк кæрдæ- джы хæрæнтимæ акалд. Стыр мардæрцыдау фæци уазæг... Ныфсытæ ма йын бæргæ авæрдтой, фæлæ адæргæй сæрыл дыууæ къухæй фæхæцыд æмæ ныуунæргъыдта. Хæрæг хостæ кæныимæ фæцыд æмæ йæхи дыууæ хъусы дæр нал æрхаста. Цы фæуыдзысты иыр йæ би- нонтæ æнæ бæхæй?! Фæсмоп куыннæ кодтаид йæ рацыдыл, фæлæ йын’фысымтæ, æнхъæл цас нæ уыди, уыйас йæ къух са- рæзтой: фæйнæ нартхоры барсты йын сæхи хортимæ авæрдтой, афтид уæрдоп фæззæгмæ Чырыстонхъæуы зонгæтæм фæуагътой. * * * Къардиуы хъæу быдырæй хохмæ прæттæн кадджыныл ны- мад уыди. Райгондæй бадти йæ ном кусæг адæмы хъæлæсы. Цы — йæ бæстывæрд, цы — йæ хъæздыг зæххы тыллæджы æр- зад! Бæстæндиссагæн хастой Къардиуы хъæубæсты фарны хæрз- тæй дæр. Уæдæ иууыл куыстуарзонæй къардиуæгты æгъдау æмæ уазæгуарзои, сæ рæзгæ фæсивæды ахуырмæ бæллынадæн та бынтоп .æмбал нæ уыди. Быдыры ирон хъæуты фарпыл фæзми- пагæй искуы ныхас æрæфтыдæуыд, уæд, Къардиуы кой хуыз- 91
дæр æвдисæпæп ма скæной, уымæп уæвæн нæй. Цæвиттопы, æгъдауæй Къардиуы ном адæмы дзыхты фидыдта кадджында^р дзуары номау, æмæ уыцы.уавæры йæ хъæубæстæ сæрыстырæй куыпнæ радаиккой. Ныр бавдæлдысты бынæттон хицауад æмæ цуроны баронæй æваст æхсызгоны Къардиуыл фыццаг Бухарины ном атъæпæн кодтой, стæй та Кировы ном. Уыдонæй ф’ыццаг адæмы цыфыд- дæр знаг разынд тæккæ ногцарды гуылфæнты, иинæ та басгуых- ти фæллойг’æнджыты-хæрзгæпæг. Гъемæ, ном — иомæн, фæлæ æртæ равзаргæ хорзæхæй уæлдай райгонддæр чи фæци, уыдоны æм-бал фæуæд Къардиуы хъæубæстæ дæр. Æрмæетарфæйы ны- хæсты Хуыцауы, зæдтæ-дауджыты ном ссарын фыдгæндыл ны- мад æрцыд, æмæ кувæг’адæм рохстауæй аззадысты. Аззадыеть! рохстауæй ис куыетытæ, ис фæллæйттимæ. Хуыцауы хъодыгонд номимæ налдæр дзуары кой уæндынц, налдæр’ кувæндоны бын- мæ бахизын сæ пыфс хæссынц. Хæтгæ-нæргæ Уастырджийы ном нæфæтчиаг сси. Чи ма. ку- вы, уый. дæр — хинымæры, сусæгæй, хибарæй. Кувæг зæронд лæгтæ — зæронд дуджы мииæвæрттæ — раздæр доны къусæй дæр’зæдты нæмттæ ардтой, ныр1 галгусарты сæр æмæ бæрзæй дæр гуыбыны хардзыл бафтыдысты æхсæны хæлцы номæй. Иры’ дзыхуагджыи куырыхон хистæртæ дины, уырнынады æгъдауæй, ривад куыройау, аззадысты сæхи мидсагъæсты бæр- ны, æмæ сьин цæрæццаг кæстæртæй^ раст-равджы «оммен» зæгъ- æг дæр нал и. Нал сын ис «оммен» зæгъæг æмæ, хъæдæргъæ- вæны фæллад галтау, катæйттæ, дызæрдыгтæ байдайынц, уæдæ цы уыдзæнисæ фидæн! Размæ цæуой æмæ — кæимæ, фæстæмæ здæхой æмæ — цæимæ?4 Æниу, чи зоны, рæдийынц?! Ног царды гуылфæиты сæ уæнг- тæ айсын нæма базыдтой, ног дуджы хъæрмæ хъусыныл нæма сахуыр сты’. Чи зоны! Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл кæм нал феууæпдыпц кусæг адæм, уым дæлимонты амæттаг фæвæййынц. Æвзагыл зæгъынæн цынæ фыдбылызтæ абадтысты цæрæнбон- ты, æмæ дзы фыдæбойнаджы сæр цытæ нал бавзæрста-баййæф- та, ахæм исты баззад? Баззад, æвæцца^гæн, фæлæ уыдоны уæз дæр искæдбон кусæг лæг бамбардзæни..: Бауырнæд уæ,.бамбар- дзæни. , , ’ '! Къардиуы — Кировы хистæртæн ивгъуыд азтæ сæ цæстытыл ауайыпц æмæ фырдиссагæй сæртæ банкъусынц:1 хохæй быдыр- мæ сæ чысыл æнтыстытимæ—сæ бирæ тухæнтæ — зынтæ. Чи уыдн уый æнхъæл, æмæ фыдæлтьжкон цардæн йæ быидур ныз- зила, йæ арт бамынæг уа, колхозон уагæвæрд та йæ къæхтыл слæууа?! _ _ . _ 92
Слæууыд’иумæйаг æхсæнад ’йæ къæхтыл, æрмæст хицауддæн, æхсæны ’æвзæрст лæгтæн сæхи дыууæрдæм раиваз-баивазæй ,фæсуйтæ вæййынц кусæг дзыллæты хъуыдытæ, æмæ куыннæ1 суйтæ кæной дызæрдыгæй: иу къорды хицæуттæ æргомæй раз- мæ сидьтнц, иннæ къорды хицæуттæ дæлгоммæгæсæй — фæстæ- мæ. Оцани бæхтау, размæ-фæстæмæйæ куыстæгтæ куыстæгты æййафынц, æдЗæттæтæ цæттæты ассæндынц, уæддæр фыдæбой- наджы фæллойгæнджытæ, фидæны хуыздæр æнхъæлцауæй, тыр- нынц размæ. Разæй та дард кæцæйдæр ’æрттивынц æнхъæлцауы рухсытæ, амæидты цыкурайы фæрдгуытæ...' Æнпу адщймаг монцты фæдыл цæугæйæ бæллицтæй фæрад, фæндæттæ фæха- ста æмæ^ лæгæвзарæп рындзтыл фæхатт хуыздæр цард æнхъæ- лæй. Цуанон, зæгъы, цы хох пæма басгары, уый æппæты сырд- джыидæр фæхоны, æмæ адæймаг нысанмæ куы тырна, уæд йæ зæрдæ райы. Райгонды бæллицтæ та — уавæрты бæрны... Цыбыр, хæрз цыбыр рæстæгмæ, фыдæлты фарнæн, тыхæхсад хæцъилау, йæ хуыз сивта. ^Сæ кусæг фос æмæ кусæн дзаумæт- тыл ног дуджы фæлтæр былысчъилтæ байдыдтой. Хæдзардарæг галтæ æмæ бæхты æфсæнуд хæдтулгæтæй раивтой. Ирои кæр- ты нал æфсоидзы бы,н га’л фендзынæ, нал саргъы бын — бæх,— хъуыдытæ кæнгæйæ рахызт Сило уьгпгмæ. Кæй зæгъып æй хъæуы, æфсæнуд хæдтулгæтæ дзæвгар цырд- дæр уайынц галтæ, бæхтæй, уæдæ сын хъаруйæ табынтон аба- рæн нæй. Дæс цæды галтæй фыдæлтæ бонсауæн цы хуымтт 5а- кодтаиккой, уый ныры трактортæ иугæйттæй сфæлдахдзысты. Машинæйыл абад æ.мæ дæ уайтагъд Мьфтазаты балæууыи кæн- дзæни, уæрдоны та бопцау, у! Фæлæ, йæ гæды ныхас цы у, ацы хæдтулгæтæн пæдæр уд ис, пæдæр тæригъæд зонынц. Æнæ удæй, æпæ тæригъæдæй та адæймагæн,цас ны!фсы ад ратдзысты, уый нæ зоны. Силойæн даргъхъæддлсыи фæлзхс стыр къæпи йæ къухты, рпфтаджы æмбисæй коид хызын йæ фарсыл, афтæмæп рыгвæн- дагыл колхо’зон уæллаг хуымтæм тырны боиыцъæхтыл. Æртæ дæсæтины йыи ис уым нартхор рувинаг. Хуыскъæрхы былыл цыппар дæсæтины сын æртæ æм-балæй бæргæ рывд фссты, фæ- лæ ацы хай уæлæмхасæн райстой æмцек сыхæгтимæ, æмæ йын тæккæ куыстафоп æрбарыпчыптæ сты: сæ иу — ризæгæй, ии- нæ—.æндыспæгæй. Цалынмæ уыдои куыстæн сбæззой, уæдмæ нартхор^ иунæг рывд уæддæр куынæ æрцæуа, уæд тæккæ хур- хæтæнты фæстæ кæрдæджы бын фæуыдзæни, æмæ сыхы хис- тæртæ дзырдлаг фæуыдзысты хъæубæсты астæу. Похцнйæ бæргæ бæстои ^ластгопд æрцыдысты. Цыппарыр- дæм ласгæйæ дзы æвзар бæрæг нал зынди, йæ кæрдæджы уидаг фæуæлс, уæддæр æм лæджы зæрдæ æхсайы: ацы æлыгбыиы хур 93 -
заманты нартхоры æвзар æмпылаг у, гæрзæхсæн æмæ лывдзæг та^хъæлфгæйæ се ’ккой сбадынц. , Нæ, нæ! Хуыцау бахизæд, фæлæ афойнадыл рывд пе ’рцыдн уыцы хай, уæд нартхоры æвзар иууыл кæрдæгджыиæй фæбур уыдзæпи, æнафоны мадзæлттæй æнæбары æфсир скæндзæни, нæмыджы хъæстæ та нæй, æмæ ма нæ уæд æртæ зæрондæй ху- дннаджы гаккæн æидæр цы хъæуы?,Кæм цы магу>са и, уыдон ныл зарджытæ скæндзысты, æнæ уый дæр нæм къæппæввонгæй лæууынц. - Уыцы хъуыдытæм рыг фæндагмæ атутæ кодта, схæй йæ алы- вæрсты акасти сагъæстæн фергомæй тæрсæгау. Уæвгæ Сило, Таблайы фырт Сило, тæрсынтæй никуы бæрæг ’хъазыди. Уыцы иудзырдоиæй иуæхстон уыди. Сыхаджы, хъæуккаджы раз — нæ, æппæты егъаудæр æмæ тызмæгдæр хицауы раз д’æр æрго- мæй йæ хъуыды загътаид. Ие ’ргом ныхасы тыххæй хицауадæй иуты зæрдæмæ цыд, аргъ кодтой йæ ныхасæн, фарстой йæ ба- хъуыды заман. Хицауадæй цæстмæхъусæй чи архайдта, ’уыдои та Силойы хуызæттæй уыдтой се’ сæфт æмæ архайдтой сæ ^æл- джинæгыл. Æндæр цы фыдракæнд сарæзта Таблайы фырт ног цардæн æмæ йæ цы ’гъдауæй бамидæг кодтой Д’зæуджыхъæуы ахæстоны?! Уæвджедæр, адоны диосæгтæ! Кæм цы магусайæ быпхор- бындар уыди, уыдон — цардаразджытæ, кæм цы куыстуарзон æмæ хæрзудыбæстæ уыд, уыдон та — цардхалджытæ! Æмæ дам ма’ мæсты >кæн! Кусæг фосы номыл хæдзары хæрæг дæр’нал ныууагътой, æмæ ныр æддæйы куыстæгтæм фистæгæй цæуæм иу хъæуæй иннæмæ. Уæд, Хуыцауы фыдæх ссарат, алчи йæхи бæхыл тагъддæр нæ раккуырсид быдыры куыстмæ?! Уыцы дыу- уæ машинæйы ис колхозы æмæ кæйты фаг суыдзысты. Бричкæ- тæм цалыимæ фенхъæлмæ кæсынц, уæдмæ стыр аходæн свæй- йы, æмæ ма уæд боны тæвды рувып æнтысы! Фæлгæсæн обауы разæй фæстæмæ хъæумæ ракасти, фæлæ’ фæндагыл уæлдай змæлæг иæма и, афтæмæй райсомы хур судз- гæ æхсидæвтæй арвы цъæх фæдджитыл арт суагъта, æмæ уыцы афонмæ рувæг йæ куысты уæлхъус ма балæууæд?! Гъе уæууæй, гъе! Рæстæпимæ адæмы цардыуаг дæр ивы, æпдæр Сило æхсæвдзуйæ уæллаг æвæрды хуымтæм — нæ, Тул- I дзбыны хъæдмæ дæр схæццæ уыдаид йæхи бæхыл, æмæ хурыс- ; кастмæ иу хæсн уæддæр ма барув... Цæугæ-цæуын, фыййау лæ- { гау, ’йæ хызыпмæ æркасти. Цыхты мур дзы нартхоры кæрдзын 1 æмæ хъæдыпдзы хæлттимæ аходæиы хардзæн. Сихорæн та — ’ бригады иумæйаг хæлцæй хъæрмхуыппы\къус æмæ сау дзулы карст... Искуыдæй-искуыдмæ æхсæны сихорæи (фьтдызгъæлы 94
хъæрмхуыпгг дæр акæнынц, ’фæлæ фылдæр бонты — уыцы иу- гæпдзоны тæнæг фыцгæ... Къардиуы хъæубæсты райдайæнты фæдих кодтой дыууæ хи- цæи колхозыл, фæстагмæ баиу сты æмæ æхсæны куыстмæ цæ- уынц цыппар бригадæй. Силоты сыхæн бригадирæй равзæрстой Бекъайы-фырт Сосланы. Хæдзондæй сабыр æрыгон лæг. Æх- сæны куыстмæ рацæуыны фæдыл кæй дуармæ балæууа, уымæ фæлмæш хъæлæсæй бадзуры, æмæ дзы сыхбæстæ уæлдай буз- иыг вæййынц. Æрмæст иууыл сабырæй æгæр æууæндаг у, æмæ йын уыцы уаг Силойы зæрдæмæ нæ цæуы: æхсæны бæрноп лæ- гæй адæм гыццыл уæддæр хъуамæ стъæлфой!.. Сихоры хæдразмæ бригадир хуымтыл куыд разылд, афтæ йæм Сило обауы рæбынæй дзуры: — Бекъайы-фырт, боны сæрæн — боны хорзæх! Куыстытæй ма зæрдæ куьг райа, уæд та бæсты фарпæй иууыл арфæгонд. — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, Сило, æмæ райгондæй фæкус,— арфæ йын ракодта Сослан уыцы сабыр хъæлæсæй. \ Сило рувæны æнцой гæзæмæ гуыбырæй алæууыди,,цæсгомы хид армы тъæпæиæй асæрфта æмæ бафиппайдта: — Хæдзарвæндаджы хорз кæстæртæ^ фыды фарн мæрдтæм нæ уадзынц, æмæ уый æрцыдмæ амондджьшæй фæцæр. Сæ са’- быр ныхас æмæ барон уаг адæммæ хæссыс, гъемæ дæ адæмы хорзæх уæд! — Хатыр бакæп, фæлæ ма иыры адæм лæджы сабырæй ныу- уадзой, уый æпхъæл нал дæп,— хæстæг æм базылд. * — Уымæй дæр цы мæнг зæгъыс, цы, дæ рынтæ бахæрон. Рæстæгдардыуагыл цас ахады, уыйас адæмы уаг дæр ивы, æмæ цы гæнæн и быхсынæй дарддæр. — Быхсынæп дæр кæроп вæййы, æмæ ма фæззæджы тыллæг бафснайыи афонмæ кæд бафæразон, уæд адæмы бæрпы нал бацæудзынæн. — Ноджы æгæр æууæндаг дæ, æмæ дыи уымæй дæр цæлх- дуртæ æвæрынц дæ куыстмæ, фæлæ йæ иыууадзыпы кой ма скæн. Иу æиамоиды куы атъосса кæпой дæ бынаты, уæд сых- бæстæ иæ богъдаби сæрдаримæ бынтон уынгæджы фæуыдзæни. Æмæ кæй кой.кæнай,— къæсæрмæ, уартæ та уæлбæхæй адæммæ дзуры, цыма мын Ерыстауы æлдар у. . — Уæлбæхæй дзурып та сын амопын хъæуы пæ хицауадæн. Иунæг дæр сæ адæмимæ куысты уæлхъус куынæ балæудзæни, æрмæст — уыпаффæтæ, зондджын пыхæстæ, уайдзæфтæ,—, ауыгъта йæ къух бригадир æмæ цæугæ-цæуын фæдзæхсы: — Мыййаг ацырдæм куы æрбазила, уæд быцæу иыхасæй дæхи хиз, •иауæд æиæ уын дæр ардыд у. 95
— Ардауджытæ — бирæ, дзырдхæсджытæ — дзæвгар,— даргъ аивæзта йæ иыхас Сило, йæхæдæг пыфсытæ æвæры: — Фæлæ мах дæр ам <ртæм æмæ удæга^æй мæрдты цармы куыд бабыр- ’дзыстæм. Тыхсгæ ма кæн. Нæ рæстаг куыст— нæ хуыздæр æв- дисæн. , * ( , -’ Йæ уæлвæд сæрдары барджып хъ>æлæс; быдырыл хъуысы; — Ам тъæпп, уым тъæппæй уыдон рывдтытæ хуыйпынц?! — • Рывды хæрзхъæдмæ бригадир хъуамæ йæ хъус дара,— дзырдæппарæнæй ма йæ аганы хыгъдхæссæг. ’ — Æмæ ма ды та дæ хадзонæгимæ ардæм гаккырисæй хъа- зынмæ рацыдтæ?! — схъæртæ йыл кодта, æмæ йæ быны егъау сырх бæх æваст ныззылди, стæй фæстаг къæхтыл хъеи ныллæу- уыд. Сило йæм æдзынæг фæкаст, стæй. бахуыфыд æмæ атутæ кодта. Сæрдар æлдар нæу, æмæ йæхицæн аргъ’ кæнын куын’æ зона, уæд уæлбæхæй архайы, æндæр æрхиз зæхмæ, «байрай» зæгъ адæмæн, байхъус сæм, бамбар сыи цинимæ сæ рыст дæр. Уæдæ куыд?! Се ’ппæтыл тымытътæй æхсæны куыстæгтæ ны- выл куы цæуиккой, уæдбæргæ. Иу бæстои кусы, иннæ — куыд- фæцдыйæ, æмæ дьг уыдонæн æмхуызон уайдзæф цæй фæдыл кæныс? Мæнæ ацы хай æз барывтон, æмæ, мæнпмæ дзур... Гъе уæууæй, гъе! Фыдæлты æмбисæндтæ цæуынц. Æрчъи æмæ цырыхъы æмпымад кæиын байдыдтам. Хæрæг æмæ саргъы- бæх иумæ дугъ уадзынц, уызынтæ сагтыл худæгæй мæлынц. Къæпийы( æнцой сагъдауæи баззади Сило æнæрывд ^уым- тыл цæхгæрмæ фæлгæсгæйæ, стæй бригады допл’асæгмæ йæхи байста. Цæугæ-цæуын бынтоп сагъæсты аныгъуылд. Иумæйаг царды къуыхцытæ иымадæй дзæвгар’ лæууынц, фæлæ уыдоны аууоп фæкæи йе ’нтыстытæ, уæд куыдæй ис рæстыл дзурæн? Иу уыди, æмæ рæзгæ фæлтæрæн ахуырмæ уæрæх фæидæгтæ байгом сты, дохтырты æргом æмæ лæвар æххуысæй хæцгæ низтæ куынæг байдыдтой, дазджытæ æмæ сæудæджертæн кæрон æр- цыд, мæгуыр лæджы бæхуæрдоиы раз абырджытæ æхстæввон- гæй нал бадынц кæмтты дымæгмæ. Иннæ уыди, æмæ хæххон адæмæн лæгъз быдырты цæрыны фадат фæци, кусæг галы трак- торæй ивæм,'хъæдын дзьшыры — æфсæйнаг гутопæй. Гъемæ, / мæ хур акæнат, алцæмæн дæр — йæхн рæстæг, алы дзуарæн дæр — йæхи кувинаг. Æмбисонд цæдисы галтæ сты, æмæ уыдо- ; нæн дæр сæрылхæцæг пæй, уæд иу сæрбос, иу æфсоидзимæ фæй- , нæрдæмыты куы хæцынц: Адæм та алыхуызæттæй адæм сты, ;, æмæ сæ царды цæрынтæй хъазынц, сæ мæлæты — мæлынтæй. Æрмæст дыууæ хуызы цардæн дæр Хуыцау сныв кодта афони- 1 мæ бынат, бæрцимæ — æгъдау, æууæнкимæ — удыбæстæ. Æнæ уыцы иумæйаг хæрзтæй та адæм адæм не сты. 96 • ’ ,
Афтæ гъе, мæ хур’тæ! Гæппæй дугъы уайæн нæй,. цъапп- цъуппæй та — кусæп. Иугæр фыдæлтыккоп царды фæткыл нал хъæцæм, уæд нæ иугæндзоны уынаффæты фæстæ— бæлвырд хъуыддæгтæ. Науæд хуылыдз æвзаг алырдæмты тасы... Донласæг лæппумæ гæнæйбыд ехс. Сæппуадæй бригады хæ- ринаггæнджыты раз балæууыд, æргæпп ласта уæрдопæй æмæ æрхъуын цæлхыты ехсы хъæдæй цалдæр хаттьг æрхоста. — Ай цавæр уæрдон у! Йæ тæлытæ дзыгъал-мыгъул бай-- дайыпц. Цас дом сыл фæкалдтон, уæддæр, та суæгъд вæпйынц. " — Куыниæ суæгъд уой, куыннæ, дæ уæрдоны цæлхытæ, -лæ’г- гаг?!’—- дзуры йæм Сило.— Допы кæлдтытæй зæропд æрхъæуып цæлхытæ фидар куы кæниккой, уæд бæргæ. Уыдоп кæнæ куыр- дадзы андадзипаг сты астæуы цæгтимæ, мауæд та сæ акъуырын хъæуы гуыфхъæлтæ æмæ сæ уый фæстæ допы аудай,— æрзыл- ди бæхы алыварс.— Уæвгæ цæлхытæй гуыффæ дæр сæрæпдæры каст нæ кæны. Йæ рæтæнæгъдтæ— зылынтæ, пал фæрсвæйпæг хуыздæр, нал — быпвæйпæг. Бæхифтындзæн дзаумæтты дæр ’уыдоны джиппы ауагъДæуыд, æндæр ма искуы рагъбосæп рæ- хыс даргæ фендæуыди? Гъе уæууæй, гъе! — æрхбста бæхы сип- ^тæ армытъæпæнæй.— Дæ рыг кæлы, фæныкгуыз уæйыджы бæ- хау. Æдзæфхадæй дæ къæхты сæфтджытæ сьжъабылтæ сæ- вæрдтой. Дæ дымæг та цы фæци, стонг родтæ йæ баууылдтой? Ныхæстæм. хæринаггæнджытæ æрыхъуыстой, ’донласæг лæп- пу рохстæй баззад исдуг, стæй худыныл фæци. Сило йæм хæс- тæг балæууыд, æрхоста йын йæ уæхск æмæ сабырæй загъта: — Уыдæттæ махмæ худæг кæсынц, æгомыг фсс та тæригъæд у куыдфæндыйы ифтыгъд æмæ куыстæй. < Æмæ, лæггаг, дæу азымы нæ дарын. Ды нырма сывæллоп дæ. Ахæм уавæрты дæу донласынмæ чи фервиты, уыдон сты уайдзæфы аккаг. Ны’р, дæ нывондфæуон, док аназин æмæ цæмæй, къус дæм цы уыдзæни? — Ныртæккæ, Сило,— фæзылд лæппу хæринагтæпджытæм æмæ тасмачъи къопп æрдавта. Сило тасмачъи къопмæ бæстоп æркасти: кæмдæрты йыл згæ фæхæцыд,— ранхъæвзта йæ. Дзагæй дзы допы зæдтæм ба|<уыв- та, анызта дзы, стæй лæппумæ арфæйагæй-дзуры: «Хорз уаза- лæй сластай цъайы дон, æмæ хъæдын къусæй бапазгæйæ ноджы хæрзаддæр уайд бæргæ, фæлæ фæндоиыл цард кæм п. Æрмæст дын, мæ хуры чысыл, иу хъуыддаг4фæдзæхсыи. Мигæнæны къæр- мæгдзоны хъæдын къæбæлимæ фæсалгæрдæг авæрын фæхъæуы, науæд йæ дон уæлдай цæллахъæй æ’ддæмæ кæлы. Мæ ныхас дæм хардзау ма фа&кæсæд, ды ма æгæр æнæзивæгæй дæр арха- йыс,— æрзылд бæхы альшарс,— фæлæ æгомыг фос дзурынтæ ,нæ зо’ны^ фæ’кæсинаг та бирæ цæмæйдæрты у,— æрсæрфта йын йæ иых,— Уый, дæ рыптæ’ бахæроп, махау, фæллойбоитыл нæ 7 Мах дуг №2-3 ’ ^ ^ ’ ’ 97
кусы. Уымæн йæ куысты мызд — йæ лгуыбыны хардз æмæ фа- дыварц. Æмæ йæм куы æркæсæм, уæд тæнтæ — хауд, буар — чъизи, сæфтджытæ æдзæфхадæй зæронд : цæуы дзыджытау’ алырдæмыты ныззылынтæ сты. Ахæм уавæры бæхы тагъд згъо- рынтыл куы фæдомæм, уæд йæ хид акæлы, йæ улæфт хъуырмæ ехæццæ вæййы. Афтæ гъе, мæ лымæнлæггаг — хуымæллæггаг!» — æрхоста лæппуйы уæхск рæвдауæн æвнæлдæй. Уæдмæ бригады иумæйаг сихор срæвдз. Рувджытæй йæ хæсн чи куыд раздæр ахæццæ кæны кæронмæ, афтæ къæпи йе ’ккой авæры æмæ — сихоры хæрдмæ. Къордгай сæ къæпитæ фæнда- джы уæлдзарыл æрæвæрыпц, ахсынц къухтæ, аиазынц ’уазал донæй æмæ обауы дæлфæдтæм уагъылыйы ’къутæрты аууæтты æрбадынц. Хур асæсты бацыд, уæддæр иугæндзонæй æндавы, æмæ дым- гæйы гыццыл улæфт дæр хидæзмæл буарыл æхсызгонæй уызæ- лы". ( - • Колхозонты сихорæн æрдзы хъæбысы, гом арвы бын, уæл- дай адджындæр у йæ ад. Дзидзайы хъæрмхуыппæн арæх бас- гæрдджынтимæ йæ хæрздæф сау дзулы хусысмагимæ фæиу, æмæбæркады моицæй комыдæттæ агайы æфсинты рæдау змæлд. Ирон зæхбын хæдзары бинонтау лæгтæ иуырдыгæй рабадты- сты, сылгоймæгтæ иннæрдыгæй. Æмхуызон къалайæ конд къуырф къустæ æмæ уæлæнгай уидгуытæ хъарм хæринагимæ бæргæ хорз фидауынц, фæлæ æнæ фынг, æнæ бандоиæй зæххыл фæрсылæй хæрынæн æгъдау дæр цанæбæрæг хъæуы æмæ æф- сарм дæр. Æниу, хæдзæрттæ хибæрттæй сæхицæн куы рывтой, уæддæр фынгтæ æмæ бандæттæ нæ ластой семæ быдырмæ — хуымтæм. Фæлæ уæды заманты арæзтой рæстæгмæйы мусонг- тæ, æмæ уыдоны аууон зæххыл фæрсылæй æрбадын хуыздæр фидыдта. Уæдæ æфсæрмаг кæстæртæн дæр мусонгты аууон æн- цоидæр уыди хистæртæи балæггад кæнын æмæ къæбæр бахæ- рын. Ныр кæстæрæй хистæрмæ уьщы иухуызон уавæры, тæккæ цæсты раз. Нæ цæуынц Силойы зæрдæмæ уыцы митæ. Хъæубæсты ин- нæ хистæртæ дæр сæ разы ие сты, фæлæ азымтæ æргом зæгъы- ны ныфс бирæтæн асаст. Чи ма кæй фæрсы, чи ма кæмæ хъусы хнстæры фарн, кæстæры уагæй?! Æрмæст бæсты бикъ, комы дæгъæлтæ систы æхсæнады разамонджытæ, кæд æппын зæххæй • сисыпмæ нæ бæззынц, уæддæр. ’ Скомдзаг кæны дзулæй, схуыпп кæны хъæрмхуыппæй, фæлæ ^хæрзадæн — нæ: цæстытыл уайынц ивгъуыд царды фадæттæ, хъустæ ахсынц хъæубæсты .кæддæры хистæрты ныхæстæ, æмæ йæ сæр фæсмонгондау баикъусы. Рæстытæ-иу дзырдтой: уызын сагæй фæкадджындæр, хæрæг — еаргъыбæхæй, æрчъи — цыры- 98
хъæй. Уæдæ хъæубæстæн уынаффæгæнджытæ систы адæмы фæ- стæзæдтæ сæрдарæй хыгъдхæссæгмæ. Сæ астæу ма цы иугай рæстаг лæгтæ вæййы, мæнæ Бекъайы-фырты хуызæттæ, уыдо- ны ’та уæлæмæскаст нал уадзынц. Æмæ кæй уæрдоны бадай, уый зарæг чындæуы. Хуыздæр ма цы гæнæн и, быхсын хъæуы. Кæд сæм фидæпмæ хуыздæр зонд æрцæуид, æмæ æхсæны лæг- тæн нæ фыдæлты" хуызæн хуыздæрты æвзарын байдаиккой. Уæвгæ, Сило, мæиæ æнæныфсытæй, иугæндзоны тыхстытæй нæу. Цыфæнды зын уавæртæн дæр бафæраздзæни, æрмæст æгадыл шгкуы у разы. Оихоры фæстæ рувджытæй чи йæ къæпи цыргъ кодта, чи аууопы гæзæмæ рæдзæ-мæдзæйæ аулæфыд. Сило арфæ ракодта иумæйаг æфсинтæн, йæхæдæг Бекъайы-фыртмæ бацыд: — Ныр бригады уæрдæттæй цалдæрæп рувджытимæ пе ’мбæлы? — Таблайы-фырт, æмæ уæрдæттæй бричкæтæ хуыздæр пе сты? — Рувджыты райсомæй раласынмæ æмæ изæрæй хъæумæ нылласынмæ ай-гъай сты рæвдздæр. Фæлæ уæрдæтты авæрыны фаг кæм рувæнгæрдæг амбырд чындæуаид, кæм æвзарты бæз- джынтæ æмæ хъустæ. Науæд фыдгулы рувджытæ изæры хъæу- мæ афтидæй здæхæнт, сæ фос та хизхъуагæй хъæдгæвдæсæй лæууæнт,— иумæты абаста куырисау йæ хъуыдытæ Сило, æмæ Бекъайы-фырт разыйæ йæ сæр банкъуыста, стæй йæ иыхасæн ахæссыиæй тæрсæгау сабыр хъæлæеæй дзуры: — Бæргæ хъуыдыйаг сты хæдзæртты фос, æвзарты арæхтæ дæр хуымты уæгъды нæ сæфиккой, фæлæ ахæм уынаффæ сæр- дарæй куынæ рахиза, уæд мæ бон цы у. Гъемæ йын ацы изæр æнæ зæгъгæ нæй. Кæд колхозы хуым- тæн сæ бакусын адæммæ хауы, уæд сæ тыллæджы бафснайы- нæн дæр фæрсинаг сты,— фæцыбыр кодта йæ хъуыдытæ Сило æмæ фæраст рувынмæ/ * ^ * Иумæйаг цард — коммупистоп цард — хæхбæсты адæ,мæн уæлдай зæрдæтæ æвæрдта уæлон дзæнæты æгæрон хæрзтæй. Хъарм фæлмæн фыптау адæмы дзыхы бафтыди иугæндзоны ны- хас, æппæты кадджындæр сомыйау, «æнæкълассон коммунистон æхсæнад», кæд æхсæнадон уагыл фæллойгæнæг адæмы удæн- цойæн æгæрыстæмæй цæхх æмæ кæрдзын дæр нæма фаг’кодтой, уæддæр. Афтæмæй мæгуыр куыстдзагъд хохæгтæм бакæс, уæд нал бынат хынцыпц, иал афоп. Ног царды тынтæ нывæндынц 7* 99
хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæ, æмæ иу дагъæй цы бæндæн не ’ххæссыд, уый дыдагъæй бæттынц. ч Зæхкусджытæ колхозонты номæй’ифтыгъд æрцыдысты æх^ сæиы æфсондзы, æмæ фыдæбон — Кæфтæй Кæсæгмæ, хæрзæбо та — фыды къонайæ къæсæрмæ, хæргæ æмæ даргæ та — бинон- ты хардзæй. ’ > . Æхсæпадон царды æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ хæххон адæ- мы уавæртыл уæлдай æргомдæрæй ’фæзындысты. Колхозы ку- сын фæткыл нымад бæргæ æрцыд, цалдæргай хъæутæ æмбалæд- тыл нымад æрцыдысты. Фæлæ куысты хæрдзтæй — хъуЫрмæ, уды хæрзтæй — хъуаг. Афæдзыдæргъы æхсæиы куыстыты фæл- лойбонтæ бæргæ бирæ свæййынц, æфтиагæй та-кæнæ—«мæгуы- рау, кæиæ — быитон цух. Колхозæй цы æфтиаг райсой бинонтæ, уымæй сæ бон цæрын куы уа æрмæст фондз| æхсæз мæйы, уы- мæй дæр — барст къæбæрæй, уæд иннæ рæстæг та цæмæй хъуа- мæ цæрой? Уыцы фарстæн нæдæр бынæттон разамонджытæ дæт- тыиц дзуапп, нæдæр уæлдæр хицауад, æрмæст сидыпц размæ — коммунистон æхсæнадмæ. Туалгомы„хъæуты цæрджытæй бирæтæ сæ бон базыдтой æмæ уæлдай æфтиæгтæм нал бæллынц, æр’мæст — къæбæры, гуыбы- ны ’сагъæс, бинонты аирвæзыны мæт... Рагон æмбисæидтæ æмæ нырыккон диссæгтæ. Цымæ сæ кæцытæ чердæм тыпгдæр хæ- цынц?! Хæххон адæм азæй-азмæ хуымы, хосы æмæ фос’ы куыстытæй сæ къух иуварс куы исой, уæд ма хæхбæсты диссаджы бæрка- дыл’ цæй сæрæн уыдзæни дзурæн? , ’ -, Нымад фосы муртæ — æртæ сæры ставд фос, фондз,— лыс- тæджытæ. Уыдонæй уæлдай дын дарæн нæй. Нал и дарæн^ку- сæгфосы номыл галæн, бæхæн дæр. Иугæр хохаг хæдзармæ сæрд уæрдон нал тулы, зымæг дзоиыгъ нал быры, уæд цæмæй ’цардæуа? Афтид фæллойбонтæй, айдагъ коммунизммæ си’дæн ныхæстæй?! Фыдæлты загъдау, цæгæрæй ма гæбæр дæр, стон- гæй ма бæгъиæг дæр. Ахæм уавæры цыфæнды фæрнджьш, хæр- зæгъдау бинонтæ дæр бар-æнæбары гуыбыны койыл фæуыдзы- сты æмæ мæигвæдыл бафтдзысты. • Хæхбæсты зæххытæ руайгæ цыма бакодтой, раст уый хуы- зæи азæй:азмæ цæсты нал ах’адынц. Ног агъуыст аразæг нал фендзынæ, хуымтæ æмæ уыгæрдæнтæ æвæгастæй, æрдæг куыс- тытæйæхсæны галдзармау æмпылын байдыдтой. Цæрæнбæстæн, зæххæн зæрдæ кæй ис, уый æхсæны иумæйаг куыстæгтыл æмæ фæллæйттыл уæлдац хуыздæрæй фæзыны. Зæхмæ куыд зилай, афтæ дæ барæвдаудзæни, тауинагæн дзы цы аппарай, уый дзы æрзайдзæии. Бонзонгæ, бæстон куыстæй — бæркады эефтиæгтæ, уæлæпгай архайдæй — цъæмæлтæ. 100
Комбæсты мидгомд&р.хъугæмтты хуымтæ ма раздæры хуыз бæргæ, равдисыиц. Хъæбæрхорты фæлтæрд мыггæгтæ — хъуы- далы, сискъ, кæрвæдз — раздæрау дзагæфсиртæй цæсты аха- дынц. Æртæ хуызы сырх :мæпæуьгхуымты дæр Талæгон æхсыз- гонæй хъазы. Бæрзонд-зæнг хлепатæ, доны чызджытау,; таегæ- ’ уасгæйæ кæрæдзимæ æвзидынц. Тымбыл хъæдуры пыхцыл хих- тæ кæрæдзиуыл стыхстысты æмæ еæ кæрддзæмтæй ныфсытæ — ’ зæрдæтæ æвæрынц цумахъом сывæллæттæн. Фæсрувæиты тыллæг фæззæджы ^бæркæдтæм ныфсæвæрдæй амоны, æмæ цæрæг уд цины, разæнгарды хъуыдытæй куыннæ райа?! Фæлæ куыд уæлæуæздæр æмæ дарддæрæй хохаг хуым- тæ зæрæстон еиеты афоныл фаджые алаеыны, допхорыгтæ ра- къахыны, уæлæнгай, хуыртæ (бахсæдыиы фыдæй-адæргæй. Уый аххосæй комбæсты хорæрзад æмткæй фæкадавар æмæ æмби- сы’л аокъуыд.; , , .,/ Хæххон хъæутæ куыд хæстæгдæртæй нымад æрцыдысты иу- мæйаг’æмбалæдтыл—1колхозтыл. Æмбалæдты, колхозты номæй кæмтты цæрджытæ кæрæдзийы æмбарын байдыдтой, кæд æмт- кæй иумæйаг цардыл разы нæ уыдысты, уæддæр. Æхсæны куыст бар-æнæбары дæр сси ’иумæйаг фæтк/фæллойы бон разæнгар- дæй чвды размæ. Хъазуаты, ерысы уагыл фæзыидысты куысты раззагдæртæ — соцерысонтæ. Уыдоны фсезмипагдæртæ нымад цæуынц ахуыры, куысты’ раззагдæ|ртыл. Уыйадыл сæрттывтои, фæдисмæ сидæн æртытау, соцерысы сырх тырысатæ хæххон хъæуты фйдæлтыккон тъæпæнсæр хæдзæртты ныхтыл. Куысты, ахуы’ры раззагдæртæн — кад æмæ памыс! Иууыл бæллиццагæй амондджыныл нымадтой адæм раззагдæрты ный-- йарджыты, биноиты.. Фæлæ куысты, ахуыры раззагдæрты ны- мæц кадаварæй зынди адæмы астæу, уымæн æмæ сæ фылдæр æхсæны хъуыддæгтæм барвæндонæй нæма цыдысты. Тыхдом- дæй кад н’æ вæййы, садзг’æ зондæй — зонд. Дыууæ хуызы уавæ- рæн дæр сæ хусæг фæстиуджытæ сбæрæг вæййынц сæрбахъуы- ды- лæгæвзарæн, заман. Йу матуса ма иууыл дæлгоммæгæсæй бинонты ’хсæн дæр куы вæййы, адæмы астæу та магусатæ — дзæвгар; 4 Æхсæнады уагыл, раззагдæрты номæй иу къорды адæм фæцалх сты сыгдæг’ зæ’рдæйæ, барвæндонæй, рæстаудæпæй ку- сыныл, ахуырыл. Иинæ къорды адæм та ахуыры дæр æмæ куы- сты дæрархайынц цуроны, цæстмæхъусы митæй. Цæстмæмитæй архайгæйæ æхсæны куыстмæ цы дæлгоммæгæе минæвæрттæ баирвæзти, уыдонæн та сæ бæллиц — хицауадмæ тырнын. Хи- цауадмæ, бæриои бынæттæм тырнынæн, асины къæхтау, æх- хуыс кæнынц æхсæнадон, фæскомцæдисан æмæ партион къорд- тæ. Уыцы къордтæй дыл аудæг ис, уæд дыууæ, æртæ кълаСы. 101
йхуыримæ дæр — дæсиы разамопæг. Бæх сифтындзыи, хос пЫк--; кæрдын, хуым бакæнын чи нæ зоны хохаг уæвгæйæ, уыцы лæ-^ гæй цæй бинонтæн уынаффæгæнæг и? Бинонты бæ’риы бацæуы-'' нæн чи нæ у, уый та æхсæнадæн цас хæрзты бацæудзæни?.. Бинонтæ иуы амо-ндæи цæргæ фа&каенынц, иуы уынаффæйæ — кусгæ, æмæ уыцы иугай минæвæрттыл æнцад царды уæз рагæй æрæгмæ. Бинонты фарп цæуы сыхмæ/сыхы фары — хъæумæ, хъæуы фарн — иомбæстæм. Ахæм нывыкарстыл хуыд æрцæуы паддзахады цард дæр. - ’ ; Туалгомы дæлгоммæгæсджытæй сæ хъултæ сах кæмæн абад- тысты, уый Дзылы æмæ Уæчейы фыртты хуызæттæн. Уыдоны хуызæттæ алы рæстæмбис хохаг хъæуы дæр дыууæ, æртæ уы- даид. Кулакты сафæн, адæмы знæгты ахсæн азтæй иырмæ æ^- сæиадон цардыл хуыздæр аудджытæй баззадысты. Уæдæ куыд? ^ Уаддымгæтæ бæрзонддæр бæлæсты фæлдахынц. Сæрджын еаг- тæ æмæ къæбутджын фырытæ хъазуатæй хæцынтыл — гуымсы- • тыл куы схæцынц, уæд мæллæг далыстæ та хизынтыл фæвæй- пынц. Советон цардарæзты ’ тыхдым-гæтæй Уæрæсейы талынгдæр къуымты Газойы фырты хуызæн фыдгæнджытæ æвыдæй бирæ рæтты аззади, æмæ иузæрдион æхсæны кусджыты номæй аудыд- той сæ дæлгоммæгæсы дзырдхæсджытыл, истой сæ æхсæны ра- замындмæ, лæвæрдтой сын фæндаг ахуьгрмæ.. Уæдæ куыд?! Цæргæ-цæрæнбснты дæр халон халоны цæст нæ къахта, бирæгъ бирæгъы фыд нæ хордта, гæбæр бæх йæхи хафта гæбæрыл, бе- зенæг фидыдта безенæгимæ. Бындз æмæ Дзыбыртты хуызæттæ Туалгомы гуыппырсар фæсивæды астæу азæй-азмæ нымад æрцыдысты Советон хица- уады уынаффæтæ хуыздæр æххæстгæнджытыл. Фæсивæды раз- загдæрты.номæн рæстæгмæ^ахуыртæ акодтой æмæ хуымæтæджы - сау куыстытæм сæ ’астæу дæр иал тасы, агурынц уынаффæйы бынæттæ. . , ’ Бындз фыццат скъолайы ахуыргæнæгæй алæууыд, стæй хъæусовёты сæрдары фарсмæ пъисыры къæлæтджын æрцахста. Бæрион куысты уæлдай комбæсты тымбыл хъазты йæхицæй аивдæр ирон фæндырæй чи а-цæгъдид, стæй чи акафид! Дзыбыртты Мамысонгом зыдтой уæлдай коммæгæсæй, уæд- дæр фосы фæдыл зивæгæй цыди. Ныр’, бæсты диссагæи, кæд у фосы дохтыр æмæ рæхсджы хъуамæ суа фермæйы’хицау., Афтæтæ, гъе, мæ хуртæ! Цард цæуы æмæ иутæн амæндтæ _уа,ры, иннæтæн — æнамæндтæ. 1 Ципы райгонд хъуыдытæ дæр куыд фæстагмæ сæ базыртыл уæлдæр схæцынц, масты зæрдæриссæн сагъæстæ дæр æрæджи- ау æртæфсыиц адæймаджы буарыл. Згъилы стыр Ныхасыл цы- - 102
ма райсомы хурыскастмæ’тæрккаевда æрцыд, раст уый хуызæп æгуыппæгæй аззад: ’ иæдæр дзы хистæртæй исчи бады, пæдæр кæстæртæй исчи лæууы. Цыхцыры донæй райсомы хаст кæнынц хъæубæсты сылгоймæгтæ, æмæ уыдонæн дæр фыдæлты æгъда- уыл фестæг нал *и... Æгæрмæгуыр Ныхасы уæзæг сæрфт дæр нæу. Сæ фосы æнæ- бары муртæ астæуы лæгъзæрмæ чи куыд раздæрæй фездæхта, афтæ стурты" æхсæдæптæ. фысты багатимæ сызмæстысты æмæ райсомы хуры тыитæм хуылыдз сугты артау пиллои калынц; Гъе уæууæй/ гъе! Ацафопмæ хъæуы уыпгтæ сæрфт æййæфтой* Ныхас рафснайынмæ та чындзЬ1тæ æзфæраздæронæй тыидзыд- той, ныр сыл æгады хуыссæг æмæ æдзæлгъæды зивæг бахæцыд иугæндзоиы сæрибарæй æхсæны куыстыты аууон. Уыцы хъуыдытимæ Асо хъæубæсты змæлдмæ сæнары маёсы- джы аууонæй лæмбынæг фæкаст. Йæ( къухы гæркъаджын сæ- хъисбæндæн фæлахс гыццыл фæрæтимæ.'Дурын асиныл цал- дæ(р'къахдзæфы æркодта, стæй йæхи фæурæдта, цыма дзы исты ферох... Иугæндзоны сагъæстæ, хæдзары хистæры номæй. Уæв- гæ хъæубæсты астæу дæр æртыккаг хистæрыл нымад æрцыд... Æнæдаст рустыл армытъæпæн æруагъта æмæ къæхтыбынæй ныуулæфыд. Хъæубæсты хистæртæ!.. Æмæ ма сæ цы кад, -цы рад и? Ацафонмæ ма дæр куысты у^елхъус æрлæуу, ма æхсæны Ныхасмæ рахиз. Æххормаг нæртон адæмау сыл пъæззы ныббадт æмæ налдæр сæ кæстæрæггаг æгъдауыл истæуы, налдæр сын хистæрæггаг лæвæрдæуы... Уæууæй, уæууæй!.. Хуыцау адæмы куы ралгъита, уæд æмхуызонæй цудынц, æидæр æфсинтыл та цы æрцыди? Æниу, æфсинтæ уæлдай ныхстуаты аззадысты аф- тид армæй! Фæрæт æмæ бæндæн асины уæллаг уæхскыл æрæвæрдта, нымæтхудыл бындæр æрхæцыд дымгæмæ лæууæгау, ’афæлгæ- сыд арвыл, æмæ рæстæгæй цы рахъаст чындæуа: комæйкургæ бонтæ фæкодта. Цыргъисæны размæ куыстæгтæн ма хуыздæр цы вæййы? Æмæ æмбаладæн дзæвгар мæхъитæ сбыдтой кæм бынæттон бæрзæй, кæм та Хъæдысæры хъæдæй, фæлæ хæдзæрт- ты(фос цы фæуыдзысты? Фос, зæгъгæ, фæйнæ стуры æмæ æртæ фысы. Уыдонæн дæр — нал сæрвæт бæрæг, нал хосгæрст, зæх- хытæ иууылдæр æмбалады баисты, адæм та цы фæуой? Хæдза- рæн фондз мæкъуылы сæ уæддæр нæ хъæуы? Уæууæй, уæууæй!.. Хæйрæг, чи дæ басыгъта? Æмæ мæхи — мæхæдæг! Налдæр зæхх æмæ бартæ, налдæр бæх æмæ галтæ, кæй загъди. Сагъæсты æвджидæй дзæвгар алæууыд. Мæхъиаджы фæр- саттæгтæм чердæм хуыздæрæн фæцыдæуа, уый сæр нал ахсы. Бебеты коммæ рæбынуæз бацæуид æмæ уырдыгæй æккойæ æгæр зынхæссæн уыдзысты, ласгæ та сæ цæуыл рачындæуа?! Æмба- 103
лады хуызд&р куыстхъом бæхтæ нырма Тилæньь быдыры стьг ’ рувджытимæ, цы дыууæ гæбæры ма дзы ныууагътой бынаты куыстытæн, уыдон та лæгмæ кæд æрхаудзысты ^ыйас х!>æубæ- сты? ’ , , Уынгæджы бонтæ иугæндзоны æнтъыснæгæй/сæ уæз куы уадзой, уæд бипонты, хъæубæсты куырыхондæр хистæрдыл. Би- рæ фос куы дардтой, Згъилы нымад хъæубæстæ, уæд катæйт- тæй’ пæ цæттæ кодтой сæхи Цыргъисæнтæм. Уæд алы хæдзар- мæ дæр, Уæче æмæ Дзылыйæ’ фæстæмæ, уæрдон тылди. Ныр сæ пал уæрдоны цæлхытæ аудайыиы ’мæт’и, нал бæхы цæфхæд- тæ ныссадзыиы сагъæс. ^ г Бæхты коймæ цæстытыл ауадысты Бындз æмæ Дзыбыртт. Æхсæпы кусджытььномæй уыдон дæр саргъыбæхтыл абадынц. Гъе уæууæй, гъе! Уый фыдæлты æмбисæндтæ иууылдæр куы ’ æрцыдысты. Сæрæмсæртæ фæсдуæртты лæууын байдыдтой, гуыбынæмсæртæ Дзагфынгты уæлхъус рабадынц. Чи уыди Туал- гомы уый аёнхъæл, æмæ кусæг адæм сæхи фæл^æйттæй мæгуы- ры хъуын-хъис хæрынмæ æрцæуой, магусатæ та искæй куыстæй лæвæрттæ кæиой æмæ уæлбæхæй цард аразой?! Йæ хъуыдытæТшн кæйдæр уасæг кфæсуйтæ кодта. Бонива- йæиау снсы сæрæй йæ базыртæ ныццагъта æмæ хъæлæсыдза- гæй ныууасыд. — Гъе, гъе! — хъæрæй дзуры Асо.— Хуыздæр фæуæд дæ рауадзæг. Згъилы нæргæ хъæубæстæ ногцарды цинæй æгæр афьшæйæмæ нал хурыскастæй* райы/нал стыр аходæн хаты. Уагæры ма стырдæр сырдтытæ куы баййæфтаид. — Стырдæр сырдтытæй ма, Хъысойы-фырт, æххæст иуы кой куы, скæнис, уæд нæ уасæджы уасын бæстыйагдæр уаид ком- бæсты зæдтæ, дауджытæн,— йæ дзурын ын айхъуыста хъæубæ- сты хистæртæй чидæр мæсыджы аууонæй, æмæ Асо асины бын- мæ уæззау къахдзæфтæй ныххызт, стæй дзуры уыцы сабыр хъæлæсæй, цыма искæй иыхæстæ фæзмы: < — Уæдæ махæй зыидæр уавæрты никуы бахаудтой нæ фы- дæлт&? Æ,мб'исондæн Особайы замантæ куы хастой, æмæ уæд дæр Згъилы иумæйаг^Ныхас уыйас æнæмарзтæй зади. — Æпæмарзтæй-кæм задаид,— дзургæ-дзурыи рацыд хъæу- бæсты хистæр аууонæй æмæ цыхцыры раз лæдзæгыл фенцой кодта.—’Æрмæст уæды адæм кæрæдзиуыл хуыздæр хæцыды- сты. Зыдтой сæ хорзы дæр, се ’взæры дæр. ’— Кæрæдзиуыл хæцыпы тыххæй дызæрдыг нæ кæнын, æр- мæст хæрзты æвзæртæй цы мадзалæй æвзæрстой, уый. базон. Æви > уæддæр хъæубæсты, цауддæртæ саргъыбæхтыл бадтысты дæлæ Дзылы æмæ Уæчейы фырты хуызæттау, хуыздæртæ та тæккæ куыстафон сихормæ фынтæ уыдтой? 104,
— Хъазыи х’ъазын !''у, " фæлаб уæды замапты пæ фыдæлта* сæрмæсæртæ агуырдтой, гуыбынæмсæртыл не , ’рвæссыдысты... Махæп, цыма, бонæй бонмæ фыдæлты уыцы фарны сæрыд ихг оийын байдыдта? , ’ — .Æгæр, æгæр,— фæзмæгау дзуры Асо.— Ихсыд дæр йхсы- ды хуызæн куы; уаид. Нæрæмон Бекъайы байзæддаг фистæгæй цæуынц æмæ æккойæ уæргътæ хæссынц. Уæче’ æмæ Дзылыйы фырттæ та барджытæ систы. Гъемæ, ныхæстæ дардыл цæуынц, хъуыддæгтæ къуындæджы фесты, ’аф’тæмæй Цыргьисæнмæ би- рæ бонтæ нал баззад, æмæ, зæгъын, иекуы æртæ мæкъуылы фаг фæрсаггæгтæ куы рачыидæуаид, науæд ’ нæ иуиæг хъуг дæр æнæ хосæй уæййаг фæуыдзæии,— фæзылди Асо бæндæн æмæ фæрæтмæ... , * * * - Мамысоиы цыппар хъæуы куыд рæбыидæрæй кæд иу кол- хозыл нымад æрцыдысты, уæддæр куыстой æртæ дихæй, æртæ бригадæй. Цыргъисæны куывдтæ кæнынмæ ма кæй .равдæлди, фæлæ фыццаг хосыбоны номыл брйгадæн гал аргæвстой, лæу- гæ та æркодтой дыууæ дихæй: Калачы æмæ Згъилы хосдзаутæ — Къубалæджы фæзы; Лисыри æмæ Къамацхо — Мухкъойы фæхстй. ’ ’ ’ ’ , ’ Æнæрцыды диссæгтæ æмæ æнахуыры,æмбисæндтæ! Комбæ- сты фæсивæдæн хæхбæсты фарн ног царды хъæлæсимæ раджы бану, æхсæпады куыстæгтæм соцарысы уагыл разæнгардæй уайынц, ахуыры монц сæ фæллойы цинимæ йæ рог базыртыл снста/Цæдисы уæигуытау фæцалх сты æмбалады сæрбосыл. Фæлæ хистæртæ, мадæлтæ æмæ фыдæлтæ куыд карджындæрæй фыдæлтыккон æгъдæуттæй фæхицæн нæма комынц æмæ дызæр- дыгыл фæвæййынц. Æвæццæгæн Стыр Хуыцауы тæрхон æмæ Есо Чырыстийы фæндонæй фæдзæхст æрцыдысты хæххон адæм аныæмбалæдтыл, æндæр цавæр æмбисонд у? Фыдæй фыртмæ искуы уый æрцыди, æмæ хохаг хъæутæ æнæ Цыргъисæны куыв- дæй хос кæрдынмæ ацæуæнт?! Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæн кæмтты дзуары бадæнтæ, кувæндоны бынæттæ сыгъдæгæй дард- той,иыр,ма сæм бакæс: æвæгастæй хæмпæлгæрдæджы бын фе- сты; сæ.номыл сæныччы хъусæй туг суадзæг нал разынд, афтæ- мæй æдзæлгъæды бирæйæ хоскæрдыныл фесты æнæ Цыргъисæ- ны куывдæй. Чи, чи, фæлæ комбæсты ^адæмæн уыцы хивæнд «итæ Сантыхос ныббара, уымæн уæвæн нæй. .Кæмтты ^я^пмæ тæккæ бæрзондыл уымæн пæ -бады цæргæ-цæрæпбонты, æмæ боныхъæд йæ коммæ ма кæса, Саухох æмæ Тепле йæ ^фæндо- 105
IIыл ма ныллæууой! Тызмæг æмæ карз Саитыхос... Æнæ Цыргъй- сæны куывдæй, фыццаг хосыбоны ирд рæстæг рувасы кардны- хъуырдау у. Стыр аходæн сси, хосдзаутæ Фугæджыны фахс цалдæр хæснæп æркарстой æмæ Додоны ныхыл дыууæ дихы фесты, фæлæ нырма бон фæсте и. Амæй изæрмæ Сантыхос йæхи цал хъулоны окæпдзæни, уый комбæсты хистæртæ хорз зонынц... Алы сагъæстыл фесты хъæуты хистæртæ фæсивæды змæлд- мæ кæсгæйæ æмæ сæ чи лæдзæшмæ ратындзыдта æхсæны хъу- , гоммæ, чи~— цæвæгимæ. Уæдæ куыд? Кусæигæрзтæ зиууæттæн — сæхицæй, æрвылбоны зиууæттæн; цæвæг æмæ дауæндур, хъæсдарæг æмæ цæгъдæн дзæбуг. Куыд фæзæгъыиц, æвзæр ку^фдæн йе ’фсæйнаг — йæхицæй. Куысты æфтиæгтæ та — æм- балады, æмæ сæм ды, колхозон, хицауы номыл дæ хидвæллæйт- тæм ницыуал бар дарыс... Гъемæ цы хуыздæр гæнæн и фыдæ- бойпаджы лæгæн, дæ уаргъы баст цы æрцыди, уый кæронмæ хæсс, пауæд дæ цардхалæгыл банымайдзысты бынæттон хица- уад, æмæ Сыбыры дæвдæг къæйыл алæудзынæ æнæ «мæн у» зæгъæгæй, мæнæ иухатты фосджынтæ куыд алæууыдысты, аф- тæ. ’ * , Хъысойы-фырт Асо æмбалады зиуты хъазуаты ерысы бацæ- уыны кары пал и. Кæстæрты разæй ма Цъыргъйсæны уагыл цæвæгдзæф цыу фæ.кодта, æндæр хæсндартæн æрлæууыдысты хъæддыхдæр хосдзаутæ.æмæ Тутыры ифтыгъд^ галтау футтытæ байдайынц. Куы сæ фæстæ балæууы æмæ йæ уис сабырæй хæс- ны кæронмæ ныххæссы, куы сæм иуварсæй бакæсы, цæвæджы æпцой лæугæйæ. Доныбылмæ æввахс æм кæстæртæй чидæр дзуры: — Асо,— хатыр бакæн, фæлæ уал гыццыл æрбад æмæ ау- лæф,, науæд фыццаг хосыбон æнахуырæй лæг фæгобан уыдзæ- ни. ’ — .Æнахуырæй, зæгъай, æмæ æвæлтæрдæй. Рæгъауаг галтæ æмæ бæхтау. Фæлæ, дæ рын бахæрон, гобан фæуынæй зæронд галæн уыйас тæс’саг нал вæййы, æмæ æфсæрмы ма бакæиæнт кæстæртæ, аулæфын æмбæлы. Иууыл размæ тындзгæйæ уисбын- тæ хæрз^карст не ’ййафынц,— размæста нопкарст уис цæвæджы хъæды бырынкъæй, йæхæдæг ссæст кæрдæгмæ амоны: — Хал халæн — æххуыс, бындзыг бындзыгæн — æнцой, уæлбæхæй хос кæрдæгау. ’ ’ - , —. Иокуыты æнæ карстæй аззайы, уæдæ куыд, Асо? — дзыр- дæппарæнтæ хъуысы. — Куыннæ аззайы, куыннæ,— армыдзаггай ратыдта фæсал- гæрдæг, баппæрста сæ уисы уæлæ, йæхæдæг фæзмæгау дзуры: — Алчи иæ йæхи уыгæрдæи куы кæрдид, уæд уыйбæрц ссæст бæргæ не ’ййафид кæрдæг, фæлæ æхсæны хуым — дурæппарæн. 106
Уыгæрдæны х&рзкуыст ссивгæйæ разыны, йæ хосы бæрц т’а ны- мад æрцæуы’уисгай нæ, тъыфылгай. Уæвгæ ма уыдæттыл хъуы- ды кæныпмæ кæм æвдæлы фæоивæды размæ тындзынæй. Ра- зæй та дыууæ доны. Цæрвджын уæливыхтæ ,æмæ дзы фыццаг хосдзауы гуылмæ куынæ тындзут! — Уыдоьгдæр уыдзысты гал’кусартимæ,— сæ ныфс кæм сæт- ты кæстæртæн, æмæ Асо йæ худ систа, афтæмæй дзуры: — Талкусарты тыххæй Хуыцауæп табу! Уый æваст митæ хорзмæ нæ тæрыиц йæ кувæг адæмы. Стыр Хуыцау гыццыл хæрзтызæрдæйæн радта, стырты — гуыбынæн, æмæ фыццагхо- сыбон дæр зæрдæйы хорзæй’ фидыдта, æндæр æз дæр сымахи- хмæ разы дæн, уæдæ цы?! — Зæрдæйы хорзæхимæ уыгæрдæнæй зарæджы зæлтæ куы- пæ хъуысой, уæд донмæ дæр — нæ æмæ гуылмæ дæр,— бафип- пайдта хæсндар, йæхæдæг сабыргай базарыд: — Уæдæ, чызгай, дæ удыбон æмæ — дæхæдæг!' Цæмæн зæ- гъай, лæппуйы зæрдæ нырхæндæг. Уæууай æмæ хъулон къаба- йы — дæ фезмæлд, дæдæй мæ бон, Додоны астæу — нæ фем- бæлд! " . /, — Гуылмæ, уæдæ! Гуылмæ, уæдæ, лæппутæ! Зæрдæрайдæй, уæнгтæрогæи, мæ хуртæ!,— зарæг,айстой куыд фæстагмæ, æмæ хосгæрст цины зæлты ахъазыд, бахъырныдтой йын алырдыгæй хæхтæ, дæттæ. Куысты монц æ’мæ фæллойы цин, уарзты ад æмæ зарæджы рæвдыдæй адæймаг — нæ, æрдз дæр райы, Æмбалады фый- йæуттæ’сæ дзугтимæ цæгæтты аууæттæм сæвнæлдтой æмæ.ком- бæсты змæлдмæ кæсынц. Зымтæ айнæгбынты æмбæхстæй ба- дынц æмæ искуыдæй^искуыдмæ æхситтæй фæсидынц кæрæдзи- мæ. Фугæджынты хъæддаг кæрчытæ фæдфæливæн пæррæстæй хъазынц цæргæсты цæстмæ. Уæрццытæ сæ" ахстæтты былды- хъæй зарынц. Гæлæбутæ уыгæрдæнты хуыз систой, дидинджы- тимæ ахорæнтæ фестадысты. Мыдыбындзытæ мыдагур тæхьшц, зæххы бынты æвæрд мыдтæ таг æмбæхсгæ кæиынц. Тынг æнæв- дæлопæй1 аныгуылд комбæстæ хуры тынты бын, сæ райгонд хъæбыстæм Саухохы цæстысыгтæ фырцииæй згъæлын байдыд- той, æмæ сæ галæгои суанг Теплейы цыргъ хохмæ стыр хуын- тæн хæссы. Комбæсты иумæйаг бæркадæй Тбилса Адайы хохмæ - фæсиды, æмæ арвыл^ фæлмæн цагъд уæргъуынтау, ахъазыды- - сты фæлурс мигътæ. — Гъе, мæ хуртæ, гъе! Сантыхос йæ бартыл дзуры,— фæу- рæдта йæ кæрдын Асо.— Табу йын фæуæд. Мах ын йæ ахуыр нæ халæм, фæлæ иугæпдзоны масты фæдыл хъуамæ ма фæ-, цæуа, ыæ кувипæгтæ та йын барст æмæ адджын фæуæнт æхсæ- 107
йады’ помæй, кæд æрæгмæ цæттаз кæпыпц, уæддæр,— фелвæстй йæ'худ.; - • , ’ — Æрæгмæйы тыххæй сæ арты фæздæг рагæй кæлы,— сæ цæстæнгас сарæзтой Къубалæджы суары фæзмæ кæстæртæ. ! 1 Æхсæнадыномæй- фыидз’ы бæркад уæлдай- фылдæр æгъдау æмæ лæггад домы. Цыргьисæны фыццаг бон Мамысоны æмба- -лады разамонджытæ хосдзаутæн’дыууæ дихæй стуртæ аргæв- динаг кæй уыдысты, уый адæм хъус-хъусæй зыдтои4. Фæлæ рæ- гъауаг равзаргæ гал æмæ уæиыгæй физонджытæ скæндзысты фыдæлты уагыл, уый ,æнхъæл нæ уыдысты. Уæлдайдæр бæрз уæхстыл физонджытæ, сæр æмæ бæрзæй, æртæ кæрдзынимæ. Хуыцау бахизæд, фæлæ уыцы хабар районы хицæуттæм хæс- сæг фæци, уæд колхозы разамонджыты уайтагъд фæстæгьæлæй фæдæле кæии(ккой! ,^ Фæлæ, æвæццæгæн, Хуыцау иунæгхатт æвзæрты коммæ ба- кæсы, бирæ хæттыты та хæрзты крммæ. Комбæстыл рæстырдæм саудыдта. Кæд нымудзджытæ æмæ дзырдхæсджытæ, Тутыры æфсæндзых .куыйтау, сæ дзыхтыл фæхæциккой, хъуахъ хъæлæс- тæй баззаИ(Ккой, И баззаи>ккой хъуахъ хъæлæстæй хæдмæлхор халæттау адæмы нымудзджытæ! Ардауджытæ æмæ дзырдхæс: джытæ цæвæджы риуыгъдимæ йугайуайынд Асойы цæстытыл. Йæхи æрвадæлтæй дæр дзы æртæ дæлгоммæгæсы и,( æмæ иннæ- ты хынцмæ æнæбары уистæ хæссынц. Гъы, уырыдтæ æмæ æиæ- рæгъыдзыдтæ! Дæлимонтау уæлæуыл чи баззад æмæ дæлзæх- хытьг’ та хуымтæ чи кæпы, уыдон. Мацы сæ.басусæг уа уытæп- х пæт адæмы ’хсæн. Гуыбындзæл тæргай сывæллæттау худыбын- тæй кæсын байдайыиц. Асо цас æнхъæл нæ уыди, уыйас рæвдз рауадысты зиуы куывды хъуыддæгтæ.Æртæ хистæры дыууæ кæстæримæ бæстон акой кодтой кусæртытæ. Раззаг хуылфыдзауматæй бæрзуæх- стытыл — физонджытæ, иннæ фыдызгъæл уæпггай-хайгай æр- хæгты сфицыдтой, арæх фынчытæ исгæйæ. Сæртæ æмæ къæх- тæ бурбурид арыдæй сыгъдæг ахсадтой æмæ сæ хибар ’аджьь фæуæларт кодтой. Нозт^æмæ хойрагыл нæ тыхсынц: хосдзауæн æртæ уæливыхы æмæ авджыдзаг — хæдзæртты æфсинтæй, иннæ дзаджджынтæ та — æмбалады хардзæй. Хосдзаутæй алчи аходæн хæдзары бахордта. Дон аназыи ма сæ хъуыди сихæрттæм, æмæ уыгæрдæнты — къуырфæн уазал суадон. Цумахъом лæппутæ сæ донгарзтимæ хæрдмæ-уырдыгмæ ног.карстыл уайынц. ’ • Сихормæ æввахс хосдзаутæ донгомы ныхыл сæ фæллад суагътой, рацагътой цæвджытæ. Иу хæспы фæстæ Додоныл хъуамæ бахизой Къубалæджы фæзмæ. Иугæр сын- хосдзæутты номæй быпатмæ хуынтæ хæссæг нæй фыдæлтыккон уагыл, уæд 108
сып Суары фæзмæ уыциу карстæй тындзгæ æрцыд. Уæрæх дæргъæлвæст фæзы комкоммæ куы рассæндай,; уæддæр афæл- лайдзынæ, уыйас бæзджыи æмæ бæрзонд у, йæ сындзджын кæр: дæг. ’ . Стыр сихормæ Къубалæджы фæз змæлæг сси. Хосдзаутæ æм- вæтæнæй кæрдииагыл ралæууыдысты. Ногцагъд-цæвджыты æх- ситт баиу вæййыдоны, сæр-сæримæ. Хъазуаты карст стынг, улæфт улæфты æййафы. Кæрдагæй кæрдагдæртæ куыпнæ н, уæддæр дæ хъаруимæ — дæ сарæхст. Къæхты айст æмæ цæигты риуыгъд’ нывыл нæу, уæд бæзджын кæрдæджы цæвæг асæттын дæр -зоны. Уæдæ фæллады, лæмæгъы фыдæй раззæгты нал æй- йафыс, уæд дæ уис æмбæлтты астæу фесæфт, æмæ худинагæй> — зарæггаг. Ноджы кæм цы сагсур, мæптæг рæмудзæнтæ и, уы- дон разæй-фæсте кæрдынц. ; Фæзы æмбисмæ æввахс хæсндар разæй фæцыд, стæй æрлаеу- уыд, байдыдта цæвæг цæгъдын æмæ.тыхулæфтæй дзуры: — Уæ, мæ хуртæ! Æмбисыл — хæрæгсаст. Гуылмæ бæр^æ тындзæм, фæлæ нæ размæ гуылхæссæг иæ зыны, æмæ махæн ныр кусарты, базыг скъæфгæйæ у хуыиы æртæкæрдзыны æмæ дурынимæ. 'Уыцы уагыл разæй рахизын кæй фæнды, уыдон æф- сæрмй мачфæуæнт. Æрмæст — хæржарст бæстон куыст. Бапы- хас кодтам? — Йæ тæккæ растыл! — æрвнæрдау фехъуыст хосдзæутты хъæлæс. — Уæдæ — гуылмæ! __ ^ _ — Кæд — гуылмæ, уæд — иумæ!.. " """ Уæдмæ æмбалады куывдæн цы хъуыди, уыдон сцæттæ сты, æмæ сæ’ æхсæны лæггадгæнджытæ бæстоп фынгтыл равæрдтой. Æртæ уæливыхы сæрыл — фыццаг хосдзауы гуыл, физонæг æмæ базыгимæ, стæй хуыпы дурын, афтæмæй фысымтæ хосдзауты размæ рацыдысты. Галы базыг пуазæнимæ æмйалады сæрдар райста, физсндл<ытæ — дыууæ хистæры. Хосдзаутæп ма хъуыд1 даг иы бамбарипаг уыди æмæ æваст æгъдауы бацыдысты. Гуыл — кæстæрты, базыг хауы раззаг хосдзаумæ иуазæпимæ, æмæ уый бæстæндиссаджы кад у. Уымæй дæр хæдзары номыл ны-< мад лæгæн — нæ, хъæубæсты ном’ыл хъазуаты хосдзауæи. Æмæ — размæ! Цæвæгарæхстæй — размæ! Фæстæуæзты чи лæууы, уыдоны бон ма кæм бауыдзæни уыйас .дæрддзæфмæ фæразæй уæвыи, фæлæ хæспдармæ хæстæг чи лæууы, уыдоны сæр бахъ- уыди. ’ 4 ’- 'Згъилы гæрзарм лæгтæй разæй чи лæууы, уыдоны кæстæр- тæм æрхаудзæни гуыл, фæлæ ма базыг æмæ физонджытæ дæр уыдонмæ æрхауой, уымæн уæвæн нæй! Калачы лæгты кæрдаг- дæртæ хæспдармæ æввахс кæрæдзийы фæдыл бафтыдысты. 109
Дыууæ раззаджы фыццаджы арфæйыл-хъуыды-дæр нæ кодтой, чи зоны. Фæлæ сæ æртыккаг æнцой нал уадзы, зилгæ дымгæйау сæ размæ схойы, кæдрæг сыл бапырх кæны. Кæронмæ ма хæс- иы бæрц баззад, афтæ æртæ калакаджы иувæрсты афæд код- той. Уæрæх зад фæз цæвджыты æхситт, кæрдæджы’сыр-сыр æмæ хосдзæутты тыхулæфт фестад. Иуварсæй кæсджытæ дисы ба- цыдысты: уыйбæрц хосдзаутæ иумæ кæрдгæ никуыма фендæ- уыд! Ныр сæ читæ фæразæй уыдзæни,. дугъон бæхтау? Кæмæ сæ авæрдзæни æмбалады сæрдар галы базыг кады нуазæнимæ, кæмæн сæ.раздæр арфæ ра’кæндзысты комбæсты хистæртæ фи- зонджытæй?! Бæрцæй æртæ бæндæнбæрцы ма баззад хæеньг кæронмæ, афтæ Згъилы гуыппырсартæй уæлахизы ныхæстæ хъуысы.Тыц- цыл-ма рæвдз фæлæууыдысты, уæд æртæ хорзæхы дæр — уы- дон. Физонджыты адджыи хусысмаг æмбудæптыл уайы,- арфæ- йы ныхæстæ хъуетæ агайынц... Фæлæ развæды хъавджытæй сурæг æвзидджытæ стыр дугъты бирæ хæттыты фæразæй сты. Калачы лæппутæй æртыккаг æлвæст норттæ фестад, аразæй йе ’мбæлттæй æмæ Згъилы хосдзæутты баййæфта. Гъе-мардзæ, саг фæрæтмæ æрцыди! Тыидзы сæ иувæрсты, фæразæйыл ар- Хайы. Фæлæ Згъилы ерысонтæн уый сæрмæ хæесинаг у! Æр- тæйæ сæ иу лæджы нымад бакæна?! Уымæн уæвæн нæй. Уый- бæрц æмист кæнынц къæхтæ, уыйас арф авæрынц цæвджытæ размæ, æмæ зырны фестадысты... Бæндæнбæрцы онг æмныхæй "фæкарстой дыууæ хъæуы хъа- зуатонтæ, стæй '’æнæрцыды диосагæн калжаг; дæргъæлвæст къæсхуыртæ лæппу, аразæй, ;æмæ йæ фæдыл хæсн акъуырдтой згъилæгтæ!.. ’ ^ Æгъдаумæ гæсгæ гуыл æмæ базыг калакаг лæппумæ хауд- той сæйраг нуазæнимæ, фæлæ комбæсты иумæйаг фæткыл ныл- лæууыдысты хистæр буц, кæстæр хъусагæй, æмæарфæты фæс- тæ нуазæнтæ къордгай банызтой. Æгъдау æмæ фæтк бæрцæй фидауынц... Хосдзаутæ хъæл- дзæг хъæлæбайы фæстæ цæвджытæ Къубалæджы суары нæу- дзарыл æрсагътой, ахсадтой сæхи æмæ куыд хистæрæй куывды рабадтысты. Æртæ рæгъы куы фæкодтой, кæстæртæ лæугæйæ хистæртьг кувæггæгтæй куы сахуыстой, уæд хъазт дæр стынг. - Фæпдыры зæлтæ баиу сты куывды райгонд ныхасимæ. Ахæм к’ад æмæ рады тæразыл æвæрд æрцыди хæххонадæмы фæрн- джын уаг фыдæлтæй нырмæ: хистæртæ куывды бадынц, фæси- вæд кафынц, цалынмæ сын бадты адæм кады — кæстæрæггады’ æртæ нуазæны саккаг кæной, уæдмæ, стæй сæ иумæ абадт — шбарæй... 110
Хур йæ изæры зылдтытæм фæкъул, дæргъæлвæст аууæттæ раппæрстой хуссарварсы хæхтæ æмæ галты æвзæгтау æрбав- иæлдтой Суары фæзмæ, уæддæр Мамысоны æвзаргæ фæсивæд кæрæдзийæн æгъдау ’дæттынæй нæма æфсæдынц. Фæстагмæ хъазын байдыдтой суары рæгъытæй, дзырдæппарæны донкал- джытæй. Æмæ цæй цæрæддзаг фесты фыдæлты фæриæйдзаг æгъдæуттæ. Фæлтæртæ ивтой фæлтæрты, лæппутæ хæдзары хистæрты бынатмæ хызтысты, чызджытæ — хæдзары æфсинты радмæ/ уæддæр Суары фæз фыццагау райы æмæ æхсызгонæй ауды комбæсты рæзгæтыл æрдзон хъомысæй. Суары цынабын нæудзарыл уырдыг лæууы дауæндурæй конд цырт. Уый æвæрд æрцыд Гуыриты Ладийы кадæн погцарды тæккæ райдайæны. Йæхицæй дард Сыбыры зæххыл стæгдар нал баззадаид, æвæццæгæн, цырт та лæггад кæны комбæстæн. Цырты фарсмæ æнцайæн сарæзтой Згъилы хъæубæстæ. Карз суарæй чи баназа, уый æнцайæны абады æмæ æрымысы Ла- дийы. Бакæсы цыртыл йæ хуызистмæ. Уæдæ куыд? Комбæсты адæм сæ хуыздæрты хъуамæ зоной æмæ мысой. Кæдмæ сыи сæ иом арой, уæдмæ цæрыиц. Уæдмæ райгондæй райгуырæн ,зæх- хыл цæуынц сæ цæрæццаг фæлтæртæ дæр. Уыцы хъуыдытæм Асо бадты адæмæй иуварс алæууыд æмæ æхсызгонæй кæсы фæсивæды райгонд змæлдмæ. Минæт, куы- рысдзау Минæт, диссаджы арæзтæй сæ астæу февзæрд. Йæ къухы дидинджыты баст изæры хуры тынтæм цæхæртæ калы. Фæуад цырты размæ, æрæвæрдта дзы гæзæмæ къулæй дидин- джытæ, йæхæдæг адæммæ; разылд æмæ хъæрæй дзуры: «Барæг — бæхæй, Дзылы æмæ Уаечейы фырттæ та цæмæй?! Акæсут-ма сæм, хосы голлаэгты хуызæи нæ фидауынц саргъы бæхтыл? Уæвгæ, хицауы помæй бæхыл "чи нæ абаддзæни...» • ’Адæм- кæсынц, æмæ æцæгæйдæр дыууæ барæджы тигъæй æрбазыидысты. Нæдæр «байрат», пæдæр «бо?ь хорз» дзурыпц, афтæмæй сæхи суары размæ сарæзтой фæсфæдты. Æрхызтысты бæхтæй, афтæ Мипæт суары къæртаимæ цæхгæр сæ разы алæу- уыд æмæ дзуры: «Абонсарæй комбæсты адæм кæрæдзиуыл цин кæиынц, гаджидæуттæ уадзынц, пуазæнтæ дæттынц. Æмæ æрæ-' джиауы хосдзау дæр хосдзау у, хæрзæмбæлæгæн дæр хай фæ- чындæуы. Къухы цы æрыййæфта, уымæй аккаг скæнут!» — ба- лæууыди саэм хæстæгдæр æмæ суарæйдзаг къæртайыл, кæхцы нуазæнау, уæлдæр схæцыд. Дыууæ лæджыæгъдау раны æрыййæфта æмæ кæрæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой, адæм сæ алыварс рохстауæй азза- дысты, уæдæ цы пæ зæрды и æрра Минæтæн, зæгъгæ. Уалын- мæ Бындз гыццыл фæгуыбыр кæнгæйæ къæрта дыууæ къухæй рапста, арфæ ракодта чызгæн, анызта дзы, стæй йæ Дзыбырт- ш
мæ радта. Уый дзы æнæдзургæйæ куыд нуазы, афтæ адæмы æх-, сæнæй дзырдæппарæнтæ райхъуыстн, æмæ Минæт йæ къух ба-' тылдта, ма<сæ хъ^ыгдарут, зæгъгæ, Райста къæрта, стæй фæс- тæдæр рал’æууыди æмæ сæм дзуры: «Уæ дойны дзы цæмæй ба- састат, уый уып хæлар фæуæд; цы ма дзы аззади, уый та — уæ хъазæггаг»,— зæгъгæ, йæ уыциу сæххæттæй сæ цæсгæмттыл ба- калдта, йæхæдæг къæрта нæууыл æрæвæрдта æмæ цыдæртæ заргæйæ доны былтыл уырдыгмæ афардæг... Комбæсты адæм исдугмæ æдзæмæй аззадысты æваст диссæг: тæм кæсгæйæ, стæй ногæй цииы аныгъуылдысты. Куыст — фæл- лойы цннæй, æгъдæуттæ — хæрзудыбæстæйæ. Æгъдауыл, фæт- кыл^алцы дæр фидауы. Æнæгъдауæй, æвæткæй бæстæ — фæл- гъуыды æмæ æнад. Æмбалады разамонджытæ цæстыдзагчæй ракастысты сæ фыццаг хосыбонæй, æмæ йæ сæрдар дыууæ кæс- . тæрнмæ æртæ кады нуазæны бахаста куывды хистæрты размæ. Æгъдæуттæ æгъдауыл кæнинаг вæййынц, комбæсты хистæрты зæрдæ ноджы тынгдæр байрад æмбалады разамындæй, æмæ сын,сæрмагонд гаджидауы арфæйæгтæ авæрдтой. Æрныгуылд хур. Цæлхыдзаг мæй, уайсадæгау, фæскъау мигъты аууон бацыд, стъалытæ цæстныкъуылдæй хъазын бай- дыдтой, амæндты фæрдгуытау... Уыдоны астæу зиууон фæсивæ- дæй алчи дæр агуры йæхи амонды стъалы... Мипæт — æрра Минæт, "куырысдзау Минæт — куыройдоны нæудзарæй мæйрухсмæ фæкаст, стæй та, рæгъаугæсы фæдисау, йæ хъæр кæмттыл айзæлыд: «Ры>гъо-гъо, Гæ-æ-æ-би-и-и-ца-а!» Æрра Мииæты сусæг уарзон — Гæбица кæддæры уæлыгæс лæппу нал уыд. Йæ фыд Бæрæзг ма æгас куы уаид, уæд асæй- кондæй кæрæдзийы цæрмæстыгъд бакодтой. Фæлæ цард доны- къусæй уæлдай нæу, чердæм фæкъул уыдзæии, уый Хуыцау йæхæдæг дæр нæ зоны. Куы йæ рагон^ фæдыл ауайы, куы ’ног фæндæгтæ ацагуры. Æмæ, йæ бонæй уа, афтæмæй домы но-г хæрзтæ! Ног хæрзтимæ кæрæдзийы тæртты бырынц цин æмæ маст, фыдæх æмæ уарзт, æууæнк æмæ сайд. ’ Гæбицайæн йæ фыд Бæрæзг Сыбыры салд зæххыл æгас кæй нал уыди, уый æмбæрста. Æмбæрста йæ мад’аемæ кæстæр æф-’ с’ымæры ныфсæвæрды ныхæстæй сæ фыстæджыты, хатыдта йæ Быредзы фæдфæливæн дзуаппытæй, фæлæ йын фыды марды крйæ, йае удæгасы ныфсæвæрд кæуылты зынаргъдæр уыди. йæ фыды хуыздæр æрдхорд Быредз иицы бавгъау кæнид Гæбицайæи ’царды хæрзтæй, æрмæст дзы цыдæр сусæг ^хъуыд-ч 112
дæгтæ æмбæхсы. Сæрысуангиу ран-æртæ, цыппар мæйæ фыл- дæр ннцыхуызы афæстиат уыдзæпи. Æфцæг ьш къæсæрæй хъау- джыдæр нæу сæрдæй-зымæгæй. Сæмбæлгæйæ’Гæбица «кæм вæй- пысæй» ’куы афæрсы, уæд-Быредз фæзæгъы: «Кæмнæ агурой, уым. Æмæ тыхсгæма кæн: искуы та мах рад дæр æрзилдзæни. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæ,вы». Ныфсы рæстаудæны ныхæстæ æмæ фæндæттæ кæуылты æх- хуыс вæййьшц.л’æгæн бахъуыды боп, уæлдайдæр æцæгæлоп бæ- сты. Арæх ивы нæ куысты бынæттæ, уæддæр æй ссары Быредз; æмæ та кæрæдзиуыл бацин кæлынц буц хнстæр, коммæгæс кæстæрау. «Цæргæ мын кæн, цæргæ! Кæимæ фæкусыс, уыдон дæ разыйæ. баззайынц. Æрмæст дæхи куыстмæ æгæр æппарыс. Æхцаты ничима батыдта, æмæ дæхиуыл фæцауæрд. Биноптæ дæр сыдæй нæ амæлдзысты, мæиæ бæгънæг дæр не ’ййафыпц. Дæ куыстьг мызд сæм афопыл хæшæ ,кæны». Стыр разы уыди Гæбица Быредзæй. Уьш тыххæй зымæгон æфцгуытыл Гуырдзьгстонæи Туалгоммæ бирæ хæттыты ахызти. Иухатт æй сæлæфы зæй дæр æрыййæфта, фæлæ цыдæр амæлт- тæй фервæзт. Æмæ йын кæд цæмæйты бахатдзæни йæ бйрæ хæрзтæ?! Кæд ма фæуыдзæн Гæбицайæн ахæм фадат рæстæгыл æмæ йæ бирæ ’ рахау-бахауы фæстæ фыдыуæзæг, райгуырæн къоиамæ æрæфта?! Фæстаг хатт ма Быредзимæ фембæлд Опы калачы, тæккæ Куадзæны размæ хуыцаубопы. Дзуттæгты уыиджы сæпуæйгæ- нæн ныккæиды сихоры ^фыигыл дæр абадтьгсты æмæ аныхæстæ кодтой. Зымæджыдæргъы Суапеты кæй фæпп, уый загъта’цы- бырæй, стæй цæуыныл ныллæууыд. Йæ хордзенты цыдæр фæл- мæн хæссинæгтæ, æвæццæгæн, ’бипоитæп зæрдæлхæпæп фæ- лыст. Рацъгомы уыцы афонмæ мит батайы, хуымтæ кæиыпмæ,бав- иалынц. Уæлдæр, бæрзæндты та ма сæлæфы зæйтæ фæпдаггæт- тæм æртхъирæнтæ фæ^кæпынц. Цæмæндæр Быредз цæуинаг уыди Къозы æфцæгыл^.' æмæ йæ Гæбица дызæрдыгæй афарста: — Мамысоны æфцæгыл .æнцопдæр пæ уаид? 1 —^Æицондæртæ агургæйæ лæг æнæнхъæлæй цъысымы сми- дæг вæййы. Къозы æфцæгыл кæд æнæ уæлдай уыпæгæй ахизин. Хуртæ хæссы, æмæ дзодайыл æхсæвдзуйæ фæфале уыдзынæн. Фыццаг хатт ыл нæ хизын.'Тæрсгæ мын ма кæн,— æрхоста йын ■ йа^.уæхск,— лæг иуиæг мæлæт да’ры, æмæ адзалæй раздæр хъуа- мæ ма уа. Мидæггаг Къозы мын æууæнкджын фысымтæ и. Фæса- ларæхæй дзы искæй рæхсад æрчънтæ акæндзыиæи æмæ сæлдыл — Булкъатæм, стæй уым уавæртæ сæхи амондзысты. Гæбица уьщы уалдзæгæй суангфæсмайрæмтæм фæкуыста Оны калакæй Къуыдаргомы астæу ибг фæидаг аразджытимæ. Къæ- 8 Мах дуг № 2—3 113
дзæхтæ фегæрзта, фæкалдта лом, къахæн æмæ белæй. Уæд’' æргътæм гæсгæ гыццыл мызд нæ истой, мæйæн æртæ фысь? дзы балхæнæн уыди, фæлæ уæззау куыстæн бирæтæ нæ фæрæз- той æмæ лыгъдысты; Гæбица дзы кæроимæ кусыи бæргæ сфæнд кодта, фæлæбинонты æрæмысыд: се ’хсæн æфцæгæй; уæлдай дæрддзæф зæхх нæй, бонцау дæр ыи нæу æххæстæй... Бæрцæи æртæ боны æмгъуыдæй йæхи куыстæй ракуырдта æмæ фæззы- гон бон изæргæрæтты Къубалæджы балæууыд. Æхсызгонæй фæкаст уырдыгмæ комбæстæм... Кæдæй нырмæ нал райста цыргъ цæвæг æмæ рог халамæрзæн. Цас нал байхъуыста хос- дзауты ныфсæвæрды зарæгмæ, ссивджыты къуызгæ уайсæстмæ... Кæрдинаг бирæ нал баззад, фæлæ ссивинæгтæ — дзæвгар. Хо- стæ кæмдæрты æмбатъытæй, æрмамæдтæй, дадæгтæй лæууынц. Амад мæкъуылтæ арæхæй сæ хуыз скалдтой къуылых мæйрухс- мæ, æмæ сæм зæрдæ æхсызгонæй агæпп-агæпп кæны... Куыд фæстагмæ амтъеры сты йæ хъуыдытæ, фæйнæрдыгæй йæм хæрзæггурæггæгтæ уайынц. Цин æмæ маст, дыууæ фыдыз- нагау, ныффидар вæййынц йæ фидар уæнгтæм. Буар куы ихæ- нæй баризы, куы тæвдæй рафыцы... Бынæй — комбæсты хъæутæ, уыдоны астæу йæ гыццыл райгуырæн хъæуы улæфт æппæты сæрты бæрæгдæрæй хъусы. ,Хъусы йæ райгуырæн хъæуы улæфт бæрæгдæрæй, фæлæ уыдоиы ’хсæн нæ уыдзысты кулакты æртæ хæдзарвæндаджы. Æнафоны зынггуртау сæ ногцард аразджы- тæ къордтæ-дихтæй алырдæмыты фæтардтой. Ныр ма дзы чи кæм джиуы æмæ хиты, уый ацу базон, равзар... Гъы, тæхуды, æмæ’ацы фæлмæн изæр райгуырæп къонайыл бинонты астæу абад! Абад æмæ байхъус сæ мидсагъæстæм, стæй райсомæй амæл... Амæл райгуырæп къонайыл æмæ дæ райгуырæн сыджы- ты баныгæной!.. Амæл, зæгъыс?! — сдзырдта йæм йæ миддуне уыцы баро- нæй.— Уаих зпаг фæци, æмæ. гæзæмæ фæмардысты биионтæ, æрвадæлтæ ацы фæстаг азты сæ фыдгулты нымыгъдæй — арды- дæй?! Нæ, нæ! Мæлыны кой макуыуал скæн. Дæуыл ма сæ пыфсы таг куы -хæцы бинонтæн, уæд сæ адæмы фæсдуæртты, сидзæр сывæллæттау, кæй æвджидæй уадзыс? Нæ, нæ!.. Лæджы ном хæссыс. Ам амаинаг æрмамæдты фарсмæ мауал бад, фæлæ фест æмæ æнæуынæгæй разил дæ хæрзгул хæстæджытыл, уыдоп- мæ баддзысты къордтæ-дихтæй дæ мæгуыр бинонтæ къулбæр- зæйтæй... Фест æмæ ныууай... Цалдæр æфцæджы сæрты куынæ ’фæзивæг кодтай, уæд дыл ныр дыууæ къахдзæфæн зивæг цæ- ’мæн бахæцыд? , Хъæдласæны фæллад галау йæ сæр ныттылдта Гæбица мид- сихы уайдзæфтæм æмæ фестад... Цæгатфарсмæ йæ зæрды уыди бахизын æмæ цæхгæр донырдæм куыд фæзылд, афтæ мæкъуыл- 114
тЫ ’хсæнæй йæ размæ цыдæр сауæндæрг рахызт. Сылгомайджы хуызы, æмæ цы уа?! Йæхи’дзы иувæрсты ласы, уæддæр æм ком- коммæ тындзы æмæ дзуры: — Уый æз дæн, Гæбица, æз. Нал мæ базыдтай?! Изæрсарæй дæм куыройы цурæй æнхъæлмæ кæсьш,— æрбаввахс æм и. — Ацы æнафоны чи дæ?! — мæкъуылы фарс лæдзæгæй æр- хоста лæг йæ цыд фæуромгæйæ. — Уаих знаг фæуа,æмæ мæ куыд тагъд ферох кодтай, куыд тагъд, Гæбица?! Минæт дæн, Мииæт... Нæ дæ уырны? — ныт- тыхсти йыл дыууæ къухæй. . , — Минæт, зæгъыс, æмæ уыйас стæ?! — сонт диссæгтæм кæс- гæйæ ныхас нал бады Гæбицайы дзыхы. — Æниу ды иырыйас уыдтæ! — армытъæпæптæ æруагъта чызг лæппуйы фæтæн фæсонтыл, йæхæдæг æхсызгонæй иыуулæ- фыди: — Кæдæй дæм æихъæлмæ кæсын... Цас фæтыхстаиккой кæрæдзпуыл æхсызгонæй, уымæн иу- пæг Мадымайрæм æвдисæн. Фæстагмæ мæкъу,ылы фарсмæ хосы æрмамадыл фæрсæй-фæрстæм ныллæг æрбадтыеты. Иуæй, сæ- хи хъарм комулæфт, иннæмæй — хоеы адджын тæф баиу сты, æмæ’хъæбыс-хъæбыеæй стыр фæсахсæвæртæм фæхъуыстой кæ- рæдзийы зæрдæты змæлдмæ... Чызг фæлмæн къухæй лæппуйы уадул æрсæрфта, стæй цыдæр æиахуыр улæфтимæ йæхиуыл уæл- дæр схæцыди, æмæ фыцгæ былтæ æнæдаст уадултыл андæгъ- дысты,' йæхæдæг лæгъстæгæнæгау дзуры: — Цæй ма, Гæбица... Куыд æнцад бадыс, афтæ бафæллад- тæ?! — Æнцад бад, худинаг у,— февнæлдта йын йæ цонгмæ. — Ам махæй уæлдай адæймаг змæлæг куынæ и, уæд кæмæй у худинаг? — Нæхицæй, Минæт, нæхицæй,— сабырыл архайы лæппу, фæлæ чызгæн йæ буар зыр-зыр кæнын байдыдта, улæфт улæф- ты æййафы, афтæмæй домы: — Цæй-ма, Гæбица!.. — Ды цы зæгъыс, уымæп уæвæн пæй. Уавæртæ нæ амо- нынц. Мæн фæстæмæ здæхын хъæуы, æмæ цы уыдзыиæ иунæ- гæй? — фестыныл архайы лæппу, фæлæ Минæт исдугмæ йæхи фæндыл иыллæууыд, стæй æваст фестад æмæ сабыр хъæлæсæй загъта: — Мæн хуызæн æрра чызгыл ма чи æрвæссы, æмæ æфсæнт- тæ ссардтай,— фæстæдæр дзы алæууыди. — Цытæ дзурыс, Минæт?! — хæстæгдæр ма йæм йæхи ласы лæппу, хатыр курæгау.— Ды æрра нæ дæ, уый дыл мысгæ æр- кодтой. 115
— Дæн, Гæбица, дæн,— фæстæдæр цæуы чызг.— Дæн, .æм^ пал фембæлдзыстæм... Нал, æмæ-иу фæндаграст фæу,-^фæзьй' æваст. . , — Æз’’дæр хъæуырдæм цæуын, æмæ фæлæуу,— йæ фæдыл м уайы Гæбица, фæлæ уый æнахуыр хъæлæсæй ныххудти, стæ дзуры: — Махæн иу фæпдагыл цæуæн нал и. Хæрзæхсæв... Нæ Тс ригъæд та фыдгулты фæдыл æфтыд фæуæд!.. Рохстæй аззад мæкъуылты раз Гæбица. Цин æмæ маст Кс рæдзийы мидæг ауадысты, æмæ зæрдæ йæхи къултыл хоста Фæззыгон дон къуылых мæйрухсы.дæргъвæтип зарджытыл схæ цыд, æмæ æхсæвы бардуаг æнцад-æнцойæ .рæдзæ-мæдзæ бай’ дыдта... Гæбица æрæджиау йæхи æрæмбæрста, акасти комбæс; тыл, æмæ налдæр Минæт зынæг, палдæр æндæр змæлæг. Здыйы тадау ыл арвы уæз æрæицад... Къахын хидыл доны иниæ фарс^ мæ куыд бахызти, афтæ æпахуыр хъæр комы зæлгæ æрбай- хъуыст: «Гъо-гъо-гъо... Гъи-гъи-гъи... Гæ-æ-æ-би-и-и-ца!» Уыцы зæлтимæ Гæбицайы хъустæ æрцахстой Минæты фæстаг дзырд- тæ: «Нæ тæригъæд та фыдгулты фæдыл æфтыд фæуæд!» * * * Хæрзтæ, амæндтæ уарæг — Стыр Хуыцау, зæгъгæ, пыфсæ- вæрдæй хъуысти цæрæнбонтй фæллойгæнæг дзыллæты аудæи хъæлæс. Зæххыл цы бирæ фыдгæндтæ æмæ æнамæндтæ ис, уыдо- ньгбайуарæг та цымæ чи уыди? Дæлимон, зæгъгæ, нып амопы Библи — Хуыцауы амындæй фыст чиныг. Дæлимон — хæйрæг у фыдгæндты бардуаг, Хуыцау та дуне рафæлдисæг. Æмæ кæд Дунейы рафæлдисæг фыдгæндты бардуагæй æнæбоидæр у, уæд æм кувын æмбæлы фыдæбонгæнæг адæмæн?! Хуылыдз æвзаг фæлывд, мæнгард адæймаджы дзыхы чер- дæмыты нæ тасы. Фыдгæнæгæн æрдзон зопд кæмыты нал фех- хæссы, уымыты архайы иугæндзоны хин æмæ сайдæй. Ныхасы райдайæпæн гыццыл æфсоп бирæйы ’кад тæры. Ныхасы райда- йæьгæй хъуыддаджы сырæзтмæ та дзæвгар рæстæг рацæуы, æмæ уымæп æвдисæп Стыр Хуыцау, уæргътæ\хæссæг та — фы- дæбоны адæм. Куыд рæстагдæр, цæстуарзондæр æмæ куыстуар- зондæрæй адæм цæрæпбонты фæхастой Хуыцауы лæвæрттæ бо- ны райгонддæр хæрзтæм тырнгæйæ, фæлæ удæнцой нæма фед- той. Уыцы иугæпдзоны бæллицæй фидæнмæ бæргæ кæсы кусæг 1 — фæллонгæнæг, ты’рпы сæрибармæ. Ныфсæвæрдæй кувы Хуы- цау æмæ йе сконд зæдтæм, уæддæр дæлимопы амæттаг свæй- йынц пæ фæллæйттæ. Хуыцауы æвдисæп бæргæ дары, фæлæ 116
хйцæутты ахæсты бахауы, æмæ æиусты бæллиц — сæрпбар.баи- вы æыусты фыдæхæй — уæгъдибарæй. Акæса-ма, куыд у! Æппæты сфæлдисæг— Хуыцау, æппæты сафæг та — дæлимоп. Афтæмæй Хуыцау дæр адæмы æфхæры сæ рæдыдты тыххæй æмæ хицау дæр: Фыдæбойнаджы кусæг лæг!.. Быхсыс æмæ фæразыс æфсæр- мæй, æууæнкæй, рæстагæй, æмæ уыдопы мидæг ис дæ хъару, стæп дæ лæмæгъад. Хуыцау дып у’ымæп Хуыцау сси, æмæ йæ пикуыма федтай. Хицау дын уымæн хицау басгуыхт, æмæ йæм дæ бартæ радтай, йæ разы ифтыгъдæй лæууыс. Хуыцау æмæ хицау ног царды къæсæрыл хъæбысхæст фес- ты, æмæ сæ кусæг лæджы хъомысыл чи цас ауды, уымæп йæхæ- дæг иупæг ’æвдисæн. Хуыцауæмæ хицауы астæу дунейы рæстад тæразыл алæу- уыд æмæ херыйыл сси, куы иуырдæм фæуæз кæны, куы ипнæр- дæм. Хуыцауы разыйæ, фæндонæй тыриыдта кусæг лæг фар- пы хæрзтæм æпусты дæргъы. Ныр советон дуджы хицæутты бардзырдæй агуры цардмæ фæндæгтæ. Хуыцау — иу Хуыцау, бады уæлæрвты æ-мæ фæлтæсы зæхмæ. Хицауæн йæ уæле — би- рæ хицæуттæ, афтæмæй æппæты сæйрагдæр Хуыцауæй уæлдæр- мæ схызт. Хуыцауæи йæ дæлбартæ — зæдтæ æмæ дауджытæ, помæй-поммæ — нымад. Хицæутты дæлбартæп банымайæп дæр иал и куыд дæлгоммæгæсдæр, цурондæр, цæстмæхъусдæр æмæ хиуарзондæрæй. Фæсивæд куыд зæрдæргъæвддæрæй Уæрæсейы къуымты ахуырызоиады фæпдагыл кæй ныллæууыдысты, уымæй Хуыцау-' æй разы,' хицауадæй та бузныг. Коммунистон æхсæпадмæ æм- вæнд-æмзондæй тырнæм, æмæ ахуыргопд адæм цас фылдæр уой, уыйас хуыздæр. Ху’ыздæрæн техиикæ рæзы, алыхуызы хæд- тулгæтæ арæхæй-арæхдæр кæнынц... Фæлæ царды хъомыс ра- гæй æрæгмæ лæууыд зæххы æмæ фосы куыстæгтыл, зæххы æмæ фосы æфтиæгтыл. Зæхх кæй уырзтæй сфæлмæп, куыстытæ кæй ныфсæй райынц, царды уаргъ æхсæны фынгмæ читæ хæссы, уыцы фыдæбойнаг адæмыл та æфтгæ нæ кæпы. Уыйадыл æмт- кæй царды æрдзон гуырдз хæлы, адæймаджы армы фæллойæн йæ ад сæфы. Ныридæгæп хбрты,' халсарты, дыргъты æнусты дæргъы фæлтæрд, хæрзхъæд мыггæгтимæ быцæуæй ерысы ба- цыдысты ахуыргæндты æрæмысæггаг, æрхъуыдыгæнæггаг ног мыггæгтæ, æмæ бынат нæ хыпцгæйæ, рæстæг нæ нымайгæйæ сæ бирæ тыллæджы æрдзон ад нал и. Зæддаг фосы куырмæ цæуынæн бынæттон фырытæ æмæ цæу- тыл, богътæ æмæ уырсытыл иал æрвæссæм æмæ фæсарæнтæй ласæм æдзæлгъæдæй стырдæр мыггæгтæ, æмæ фæллойгæнæг адæм æнæрцыды диссæгтыл æмбисæпдтæ хæссыпц куыд кар- 117
джындæрæй.’Дзырдхæсджытæй, фæдсмудджытæй сæхн хизгæйæ; хистæр кары фæлтæрæй.хъуысы катайы, мæты иыхæстæ. — Æмбйсонд хохаг мæиæу æмæ хъæбæрхоры мыггæгтæ уы- дысты, дзæгъæлы æлутои сæ нæ хуыдтой фыдæлтæ. Æхсæст-æх-;; хæст нæмыгæй нуарджьш æмæ ахадгæ, хуртæн — фæразоп, уа-, рынтæн — .быхсаг. Ныр сæ цыдæр æрласæггаг мыггæгтæй ивынц, æмæ хуыздæрæп уа? — Æрласæггаг мыггæгтæ, дам, фылдæр тыллæг дæттынц быдырты. — Быдырты, чи зоны, дæдтой, фæлæ хæххон хуымтæн бы- дираг мытгæгтæ пæ быхсыиц, æмæ уый хъуыдыйаг у. — Хæххон хуымты мæт та ма чи кæны ныры хицауадæй. Лæгъз* быдыртæм сæ тыхтæ сарæзтой. Фæлæ уым дæр зæронд мыггæгтыл нал хъæцынц. Æмбисонд мæнæ хъæбæр, тымбыл нæмыг урс партхор уыди, æмæ йæ амырьгкаг хоры мыггагæй ивынц. — Уæдæ, уæдæ! Канадцкæй йæ хонынц, бæхы дæидаджы йас йæ нæмыг, ад та дзы нæй. — Адыл та ма’дын чи хъуыды кæны ныры хицæуттæй, æмæ æдзæлгъæды бирæ — гуыбыпæн, æлутоны чысыл та — зæрдæ- йæн. , — Хоры мыгтæгтимæ бонæй-бопмæ сæфынц фосы хæрзхъæд мыггæгтæ дæр. Æмбисондæн хастой асыйаг фосы мыггаг: æн- цопдардæй — æнцонхæссæн, тæвдæн фæразоп, уазалæн — бых- саг. ; — Р1е ’хсыр æвдадзы хос/ йæ дзидза хæрзад, йæ къуымбил фидар æмæ хъарм. — Бæргæ зæрдæ ради ирон фосæй, фæлæ <сæ гугын фыстæй ивыиц. Табырджан- к’ьуымбил, дам, дзæвгар дæттынц,. стæй нардгæнаг сты. — О! Æдзæлгъæды бирæ, Гыццыл сызгъæрин бирæ къала- йаъивæгау. Гуыбьшæй æнæфсис, удæй мæгуыр кæй сты хуыты хуызæн, уый та хæйрæг равзарæд. Хæрæг сындзгæрдæг куыд æхсыпа, афтæ стигъынц зæххы цъар, æмæ йыл тагъд рæстæ- джы нал уидаг баззайдзæни, нал дидинæджы хал. •— Цы сыл дардыл дзурæм хуыты мыггагыл, фысты æнад- ■ гæнæнтæ. Нæ сыл фæхсын хуыздæр,и, нæ сьгкъа. Бæрæгбоны фынгыл уыдопæй сæр æмæ бæрзæй æрæвæрын стыр тæригъæд у фосы Фæлвæрайы раз. ; ’ . , — Гъемæ, мæ хуртæ, хуыздæр цы гæнæн и. Хицауады ком- 1 мæ кæсын хъæуы, науæд Сыбыры къæйыл уазал хоныпц. — Уазал æмæ стонг та хæцгæ низтæн — сæ мæнгвæдæг. Би- рæтæ бабын уыдопы азарæй, æмæ дзыхыл хæцынæй хуыздæр 118
амал иæй. Нæй амал бонысæрæн уынаффæйы фæдыл, уымæп æмæ дæм ничи байхъусдзæни. Дæ цæстуарзон хъуыдытæ ма дыи зыгъуыммæ афæлдахдзысты. — Ныхæстæ зыгъуыммæ фæлдахыиæй ныры дзырдхæсджыты аргъæутты къулбадæг устытæ дæр нæ баййафдзысты. Гъемæ, уыдæтты æххуысæй бынæттон хицауад йæхи фæнд тæры, адæ^ мы ныхас мурмæ дæр нал дары. — Сæхи фæнд- кæй тæрыиц, сæфтмæ дæр уымæн цæуæм. Æидæр ма искуы ахæм æмбисонд æрцыди?! Хæхбæсты дурарæ- хæй фæхæлдтой мæсгуыты, фидæртты, чъырыпты æмæ сын сæ дурæй фæцамайыи кодтой скъолатæ, æхсæнады бæстыхæйттæ. — Уæдæ, уæдæ! Уымæй дæр февзæрстой хистæрты, кувæг лæгты... * * * ! Лæг лæджьг фæндоныл разы нæу, архайы царды хуыздæ- рыл, уæд уымæй фыдгæнд нæй. Алы адæймагæн дæр цæрыны бартимæ ис хъуыды кæныны бартæ дæр, æмæ уыдоны бынду- рыл æнцайынц йе ’рвылбоны хæстæ дæр. Адæймаджы хæстæ æмæ бартæ кæрæдзийы æицæйтты лæугæйæ цардыл рæстырдæм аудынц, уæд сæ халыны хæстæ æвæрд Хуыцауыл дæр нæй. Сыбы’ры зæххыл фидар æмæ ныфсхаст, æнæниз æмæ фæра- зон адæм кæй цæрынц, уый уырдæм æрæфтæг — æрцæуæг фæн- д’аггæдтæй ахст лæгтæй хуыздæр ничи зопы. Уæлдайдæр, ку- лачы,' адæмы знаджы номæй дæсгай азтæ ахæстоны фæбадыпы тæрхон хаст кæмæн æрцыди, уыдон. Быптон уатон рынчын ма фæу иугæндзоны фыдуавæрты, æндæр æдзух уæззау куыст сæр- дæй-зымæгæй, гхурæй->къæвдайæ. Коммæгæсæй кусыс, уæд дæ хæрииаг дæр фылдæр, дæ дарæс дæр хъармдæр. Дæхиуыл ауæр- дыс, хинæй цæуыс, уæд рæстæгæй ра’здæр кæнæ уазалæй баси- дзынæ, кæнæ æххормагæи ныммæлдзынæ. Æииу, зæрдиагæй чи кусы, уыдонæй гыццыл нæ фæмард зын уавæрты. ’ Бæко æмæ Хъайсынæн сæ тæрхоны азтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Нымад’ мæйтæй ма сын афæдз баззад. Фараст азы дæргъы зынтæ— фыдæбæттæй цы федтой, уыдопæн сæ фæдзурын нæ, сæ банымайын дæр æгæрон зын уаид бафæрсгæйæ. Бафæр- сæг та сæ нæ№а и, æмæ саумылазонæй сæ цæстытыл уайынц фæстаджы сенгондæн. Сæ фыдгæндтыл мыййаг нæ басастысты, абоны онг дæр нæма хатыиц, цы рæдыд æруагътой, цæмæй адæ- мы зæрдæхудты бацыдысты, уый. Уæдæ сæ уыдæттæй фæрсæг дæр нæй ахæстоны разамонджытæй, æрмæст тæрхоны æмгъуыд- мæ дæхи дарын базон, иууыл коммæгæсæй сæ ныхасмæ хъус, 119
кус уæхскуæзæй, æфтау æхсæмы фæллæйттыл.’Ахæстопы уыцы /> уаг истæмæй халыс, уæд де ’мгъуыдыл бафтдзæн, æмæ уæд дæхиуыл дæр нал æууæнддзынæ/ тархъæды æгомыг бæлæстæй ’* дæр дзырд бахæссыпæй, тæрсдзынæ. Ахæм фæтк ис, мæ хуртæ, ',. Сыбыры салд къæйыл ахæстæтты. , * , Сабыр Бæкойы иу амоыд фæци, æмæ уыМы низтæп фæразон разыид. Уæлдап мæстытæ йæхимæ æввахс нал, æруагъта. ;Куы- ста иугæндзонæй. Æмбæлтты астæу æууæнкæй бæрæг дардта, уæлдай быцæу ныхас дзы не схаудтаид; Гуыбыиæй — хиуыл- хæцгæ, дарæсæй-бонзонгæ, афтæмæй ахæстоны хицæутты цæсты дæр ахадыдта. , ’ Хъайсып æрдзон хъомысæй ноджы бонджындйер уыди, низ- тæ æмæ дзы зыи уавæртæ сæхæдæг стъæлфыдысты, æрмæст дзы йæ маст нæ рох кодта æмæ арæх цыди йæ фæдыл. Ахсты номæй хицауадæн ’лæгъстæйаджы митæ та бынтон сæрмæ нæ хаста. Æдзух касти уыцы æлхынцъ æрфыгæй, æмæ дзы куысты æм’бæлттæ дæр сæхи иуварс ластой. Афтæмæй æртæ кусагдæ- рæн) цы æнтысти, уый’йæхæдæг арæзта. Кæлæхы, фыдбылызы тæссаг фæндæгтæ зымæгон хъызт æх- сæвты сабыр хъарм фынтæй уæлдай не сты. Сæ ’райдайæн æн- цонæй,'райгондæй. Сæ кæрон—фæсмонгонд. Дыууæ боны цыд кæдæм уыди æдзæрæг тар хъæдты, уырдыгæй ластой мæй дыу- уæ хатты хæринаг æмæ уæлæйыдарæс хъæддзау ахстытæн, æмæ æвзæрст æууæнкджын лæгтæй’цыдысты дыгæйттæй: сæрды цы- быр рæстæг’—бричкæты, зымæджы митты — дзоныгъты. Уыцы бæрноп хъуыддаджы стæм лæгтыл уыди æууæнк, æмæ > тызмæг Хъайсын дæр уыдоны-хыгъдмæ бахаудта. Иунæг цыд кæуылты акодтаид, уым дьгккаг хаттæн- фæндаг цæстытæ бас- тæй дæр ссардтаид. Уæдæ тымыгътæи, уазалæн дыккаг ахæм • лæг нæ разындаид фæразрнæй. Ацы фæззæг уæлдай саузым ахаста, æмæ зæхх сауæй ныд- дæвдæг, стæй йыл уыцы хуызæнæй рыгмит бæзджынæй аэрбадт. Саузымы хъæды сырдтæ уæлдай цоппайыл -свæййынц. Æваст митуардæй сæхи фæуромынц, æмæ сæ тæккæ тугдзыхдæртæн — бирæгътæп хъæдтæ куыд аууондæрæй хæтæнтæ басгуыхынц. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бабадынц фæндаггæтты размæ дæр бал- тæ-балтæй. Иу æмæ дыууæ хатты иæ афис^тæг кодтой бæхджын- ты пыхстуаты бынаты. Гæрзтæ кæнæ артаг нæй^уæд сæ лæдзæ- гæй нæ баиргъæвдзынæ — лæбурынц æмхуызонæй æваст æмæ æнæпхъæлæджы. Бопцау фæндагыл дæр уыдоиы тæссæй бирæ- тгр сæ ныфс нæ хастой,- æхсæвыгæтты ,та уæлдай зыидæр уыди: иуæй тымыгъты тас, иннæмæй — балбирæгъты. .Фæлæ Хъайсы- пæн уыдæттæ æфсон никуы уыдысты. Цы боиты йæ æрвыстаик- кой,-уæд æиæ уæлдай. катæйттæй фæраст уыдаид. 120
Джеуæргуыбайы хæдразмæ зæнгбæхтæнтæм рыгмит рдуйрыД уыцы сæртæг хъызтимæ, æмæ бæстæ урс пæлæзы бын фæци. Хæлц ласынмæ, ауай,'зæгъгæ, йæм сæумæцъыккæй хицау фæ- дзырдта. Бæкойы бæргæ нæ фæндыд йæ ацыд: .иуæй — аавæд, ипнæмæй — тымыгъæй тас, æмæ ахæм дард фæндагыл цынæ вæййы. - \ ’ г , • ’ ’ Иугæр1 æм хицау йæхæдæг бадзырдта, уæд цæй æнæ ацæугæ уыди, стæй йæ сæрмæ дæр нæ бахаста исты æфсон ссарын. Арæвдз кодта йæхи, уæдæ ма йын æмбалæн дæр искæй æрвит- дзысты, зæ’гъгæ, æмæ Бæкомæ дзуры: — Бон сабыр у, ,æмæ фалæрдæм кæд æиæ дымгæйæ баир- вæзиккам, стæй фæдыл ацырдæм æнцондæр уыдзæнн. — Амы тымыгътæ де ’нæзонгæ сты? Фæдтæ уадзынц, боны- дæргъы рыгмиттæ цалырдæмыты фæхæсдзысты, уый хæйрæг дæр нæ зопы, æмæ дæхи хъахъæ’. Тымыгъимæ фыдæмбæлæг дæр зоны, сырд дæр арæх у. . — Цæй, хæххон лæг миттæ æмæ тымыгътæ фыццаг хатт нæ уыны, æмбалæй мæ.куы саразой, уæд бæхтыл мæ зæрдæ дарыи, — ныфсытæ бавæрдта Хъайсын йæ хистæрæн æмæ фазраст. /ч Æмбалæи ын ацы хатт арвыстой хъазахъаджы. Йæ фыди- мæ бонджыны номæй Сыбырмæ кæй^фæхастой, ахæмы. Фыд зынтæн нæ’бафæрæзта æмæ дыууæ азы размæ амард. Фырт — нуарджын (лæппулæг фыдæбæттыл сахуьф, бахсыст мæстытæй æмæ æихъæлмæ каст тæрхоны æмгъуыдмæ. Бирæ ныхæстæ сæм рауад, Хъайсынимæ бонцауы фæндагыл фалæрдæм цæугæйæ. Ноджы æвæд миты’дыууæ бæхы дзоныгъ сабырæй бырыд, æмæ кæдмæ хæццæ кодтой. Хъазахъ’агимæ кæд разыпдысты æмбæс- тæгтæ — царди Æрыдоны... — Михаил, уæдæ сымах дæр кулачы номæй æрвыст æрцы- дыстут Сыбырмæ, æмæ цæмæй бонджынты хыгъдмæ бахауд- тат? —фæрсы йæ фæстæмæ цæугæйæ Хъайсын. — Æнхъæлыс, цæмæй? Фондз дæсæтины зæхх уыди нæ фыд- мæ, дыууæ бæхтæ, æхсæз стуртæ, самандурæй конд, хъæмпæй æмбæрзт хæдзар, æмæ уыдонæй. — Æмбаладмæ та цытæ радтат? — Æмбаладмæ дæр зæххытæ, бæхтæ æд бричкæ, æртæ хъу- джы æмæ мæнæугæрдæп машинæ. — Уæх’ицæн та ма- цы баззад? ,— Нæхицæн хæдзар, æртæ роды æмæ фараст мæртЫ мæнæу, иннæ хортæ раластой. , — Уæдæ ма ногцард аразджыты сымахæй цы хъуыди? *— Ницыуал, æрмæст сын иæ уыпд дæр тых кодта, æмæ нæ Сыбыры хай бакодтой. 121
— Уæдæ сыи ^æн уыпд дæр афтæ тых кодта, æпдæр æнæ- хъæн фосыдзуг радтон æмбаладмæ Хуыцауы лæвар. Æмæ нæй ; хуыздæр мадзал. Кæд сæрæгасæй не ’мгъуыд фæуаид, стæй лæт амæлттæи конду. . — Ардыгæй ма куы аирвæзиккам, уæд бæргæ! — дæлиауæй ныуулæфыди хъазахъаг, йæхæдæг бæхты рохтыл тынгдæр æр- бахæцыди æмæ сыл схъæр кодта: — Но-о! Исты мын уæззау цыдæртæ нйе ласут. * , , Дзопыгъы куыфгонд гуыффæйы ластой дыууæ къуырийы хæлц: æртæ гæххæттын голладжы хус къæбæртæ, иу ерджен голладжы къахыфæлыст æмæ уæлæдарæс, стæй тасмачъи къоп- пыты фыдызгъæл æмæ кæсæгтæ. Кæттаг æмбæрзæны бын’ сæ хосы уæлæ бæстон бабастой, сæхæдæг разуæз фæрсæй-фæрстæм сбадтысты бадæн’фæйнæгыл. Дыууæйыл дæр — цыбыр фысдзарм кæрцытæ, бæмбæгджын хæлæфтæ æмæ нымæтын иугуыр хæдхъус арф фадыварц. Фа- дыварц хъарм цъындатимæ уазал нæ уадзынц, фæлæ æгæр бæз- джынæй хъæбæр сты æмæ тагъд ауайынтæм нæ арæхсынц. Бæхтæ рог сæппæй уайынц уырдгуыты. Рыгмиты дзоныгъы фæд бæргæ зыны, фæлæ нæма фæхъæбæр, æмæ тымыгъау сы- сты бæхты къæхты айстмæ. Д’ымгæйы уддзæф нæй, сур хъыз! мидбыцæуæй цы змæлы, æндæр, Хур дæлæуæзæй бæргæ кæсы. Фæлæ йæ тынтæ буарыл уазал судзинтæй æндæдзынц. Диссаг у амы бæстыхъæд: хур кæсдзæии, æнæ уæлдай дымгæйæ æгæ- рон хъæдтæ миты бын æнцад лæудзысты сахат, дыууæ, стæй дзырды уысммæ бæстæ арвæй зæххы астæу мæстæлгъды тархъ- улæттæ ’афæлдæхы. Уыдæттæ ’ зонгæйæ тыидзынц ахæстоны хæлцласджытæ размæ. Бæзджын тархъæды фахсæй уал гуыбыр рагъмæ слæвæрдтой, уырдыгæй хуыскъ атагъамæ ауырдыг.сты. Сæхинымæры цыдæртæ базарынц, кæрæдзимæ фæрсæгау бакæ- сынц^ Боныхъæд сæ афтæ куы араза, уæд тагъд æмбисфæндаг уыдзысты. Мæнæ бахызтысты стыр доны фæрсаг къабазыл. Хъызты ныссур, ныйих. Йæ уæлвæзы хъæдгусджыты сæрдыгои мусопгтæ æдзæрæгæй лæууынц. Изæрыгæтты уым чъырынартыл ногахст кæсæгтæ бирæ фæфыхтой: Уалынмæ цъæх-цъæхид арвыл урс фæскъау мигътæ февзæрд, æмæ æваст дымгæ базмæлыд, цыма тарфынæйæ райхъал. ,— Боныхъæд ивы,— зæгъгæ, бæхты рохтæ тынгдæр баца- гайдта хъазахъаг. !— Ивы, æмæ рæвдздæр бынатмæ, науæд тагъд изæр у, æмæ талынджы фæндаг зынтæй ссардзыстæм,— йæхи базмæлыитæ кодта Хъайсын фæйнæрдæм кæсгæйæ. ^ ■_ 122
Коммæгæс бæхтæ иугæндзон сæппæй бæргæ уайынц, фæлаё дымгæ рыгмиты роны бацыд æмæ дзоныгъвæдыл кæм бындзвг рæй йæхи асæрфы, кæм ыл хъæпæнтæ авæры. Фæтæн хъæды рагъæй гæмæх дæлвæзмæ ауырдыг кæной, афтæ фæталыпггæ- рæттæ.æмæ уарын байдыдта.' ’ ч > Æнахуыр бæстывæрд и Сыбыры æгæрон зæххæн: фаззæттау æнгæстæ рæгътæ, хъæдтæ, æрдузтæ, уæлвæзтæ æмæ дæлвæзтæ. Цасфæнды лæм-бынæгæй ма хæос дæ цæстæнгас алыварсы æр- дзыл йæ бирæ хицæн бæрæггæиæнтимæ, уæддæр ахæм дард фæндагыл æнцоиæй фæрæдидзынæ. Уаргæ ма куы кæиа, ты- мыгътæма кæрæдзийы куы сурой, уæд та иууылдæр зындæр. Дыууæ лæджы, уазалæй тæрсгæйæ, радыгай рахизынц дзоныгъ- æй æмæ фистæгæй азгъорынц гæзæмæ фæдыл, стæй та абадыиц. - Мит тынгæй-тынгдæр уары,' тымыгъ къуыззиттæй хъазы. Зæронд дзоныгъвæдæн йæ кой дæр пал и, æмæ бæхтæ рохты æвджидæй гæрдынц уæрагмæ мит, кæм та рыг хъæпæнты ас- тæумæ дæр аныгъуылынц. Стыр фæсахсæвæртæм фæцыдысты ихсыд уæлвæзы оиг стæй • сыл тымыгъ зилдухæй сагъуыд, æмæ цæстытæй ракæсæн нæй, развæндаг нал уынынц, улæфæнтæ, ахгæнынц. Бæхтæ дзæвгар фæхæцыдысты риудыхæй тымыгътимæ, стæй иу сындзбын бауа- йæны дзыхълæуд фа&кодтой, цыма сæ размæ цæхгæр къул фев- зæрд. , , ’ Фæллад бæх цæугæ-цæуын дæр афынæй вæййы, мизын дæр æм æрцæуы, йæ ифтындзæн дзаумæттæй искæцы дæрфеуæгъд кæнын зоиы, æмæ уæд лæджы æрхъуыды — фыццаг æххуыс. Хъайсын æргæпп ласта дзоныгъæй, уынгæ-сгаргæйæ æрзылд бæхты алыварс, стæй сын радыгай сæ синтæ армытъæпæнæй æрхоста, йæхæдæг, сæм дзуры: «Гъа-ма, гъа, .исты мын доны- мыст пæ федтат!» Рахизфарсæй бæхы рохтыл ахæцыд æмæ сæ сыпдзыбыпæй иуварс здахы, уæдæ кæд гæмæхмæ бахизиккой, стæй уырдыгæй фаллаг фахсмæ лæгъздæр ахаста уæлвæз. Бæхтæ сæ къæхтæ ныадавтой æмæ феккуырсын нал комынц, сæртæ бæрзонд фелвасынц æмæ рохтæ фæстæмæ ивазынц. «Но!», зæгъгæ сæм ехсæй бавзиды хъазахъаг дæр, фæлæ ком нæ дæт- тынц. Уыцы ныхстуаты раиваз-баивазмæ разæрдыгæй уынгæг дæргъвæтин ниуын хъуысы, уымæй дæр — дыууæ фарсæй... Цас бам^баринаг ма уыди дыууæ фæндаггонæы сæ уынгæджы уавæр?! Гæмæх уæлвæзы дыууæ фарсæй кæрæдзимæ сидтысты стонг бирæгътæ: агуырдтой уадтымыгъы исты амæттаг,, холы. Уазал дыз-дызæй æнахуыр тас лæджы буарыл куыннæ апырх уыдаид, сæрыхъуынтæ сындзытæ фестадысты, худтыл уæлæмæ хæцынц... Хуыцау хорз, æмæ тæссаг уавæр æмбаргæ бæхтæ рагацау æр- хатыдтой,. æндæр æнæнхъæлæй ацы утæхсæн тымыгъы балби- 123
рæгъты дыууæ къорды/хсæп амидæг.уыдаиккой, æмæ дæ фыд- гул афтæ... - - ’ , * • ’ , Хъайсьш бирæгътыл фыццаг, хатт не’мбæлди, хъазахъагæи дæр æлæ зонгæ кæм уыдысты, ф’æлæ— ахæм уавæрты? Сыбыры ты’гъд къæйыл къæс-къæсгæнаг тымыгъы? Æнæ уæлдай фæсти- æттæй хъæдмæ баирвæзйн хъæуы искæуылты. Уым рæвдз-ар- тамал: зыпгæй куыд тæрсынц бирæгътæ, афтæ ницæмæй. Дзо- ныгъы гуыффæйы — хус хос, Хъайсыны роны хусæй — æрцъык- ’ кæхсон, тархъæды ма хус къæцæлтæ, нæзыйы цырæгътæ ацамал кæндзысты, æмæ арт цæттæ... Æндæр амал нæй: нæдæр сæм æхсæнгарз и, нæдæр цæвæнгарз хуызæиэен. Хъазахъагмæ — тыццыл кард æмæ уымæй бирæгъты балæн цы сарйзæн и?,Ис- кæмæй дзы туг рауадз, уæд ыл уый адджын тæфмæ амбырд уаикко’и, къабазгай йæ бакæпаккой, фæлæууыл зæрдæдарып — рувасы’кардпыхъуырдау. Рæвдздæр.—хъæдмæ, налыпмæ сæ бирæгътæ не ’рхатыдтой, уæдмæ!.. Амæлттæй разылдтой фæстæмæ бæхты, стæйсындзбы- ны иувæрсты сæппуадæй атындзыдтой хæстæгдæр хъæды къох- мæ. Хъазахъаг разæй бады æмæ æнауæрдонæй тæры бæхты. Хъайсын дзоныгъы фæстаг азрдæгыл йæхи фæрсылæй æруагъта æмæ кæсы алывæрстæм. Иу лæнкауы йæ цæстытыл ’ зынджы стъæлфаентау цыдæр рухсытæ ауад. .Сæ хæдразмæ —бирæгътæ, зæгъгæ, тасы хъуыдытæ ’сæры магъзыл куыд сæмбæлдысты, афтæ фæстæрдыгæй æрбаихъуысти иугæндзоньг тыхулæфт æмæ æмдзæгъдгæнаг къæхтыхъæр. Цы бамбарипаг ма уыди уавæр: иу къорды бирæгътæ сæ размæ фесты, иннæтæ та сæ фæсте су- рынц, æмæ дыууæты астæу хæстæгмæ куы фæуой, уæд бабын сты. . ’ ; , — Хъæдмæ баирвæзыиæн амал нал и, æмæ куыд кæнæм? — ’ фæрсы хъазахъаг, уавæр бамбаргæйæ.— Уæд та дзоныгъ фæуа- дзæм æмæ бæхтыл абадæм... * . , х — Дзоныгъæп хæлцимæ уадзæн нæй! — хъæрæй йæм дзуры Хъайсын. Дыууæ къуырийы хардз хаёринæгтæ бирæгъты холы ,куы фæуой, уæд цы цæсгомæй балæудзыстæм не ’мбæлтты раз?! — Уæдæ уыдонимæ нæхæдæг дæр куы фесæфæм, уæд хуыз- дæр у?! — цæхгæр æвæры уавæр ныхстуаты быиаты хъазахъаг, фæлæ Хъайсын не сразы. \ * ^ ’ — Лæг зыи уавæрты,сбæрæг вæййы, æмæ тас мæлæтæн æх- хуыс^ нæу. Цы уæвинаг стæм, уый хæлцимæ — иумæ.' Ды бæх- тæм фæвдз лæуу. Тымыгъы развæпдаг нæ зыны, æмæ архай лæгъ^ыты цæуыпыл-. Хъæдмæ нал баирвæздзыстæм. Мæнæ гæ-- нæн нал и, уæд дзоныгъы лыстæныл арт бапдзардзыстæм. Уæд- мæ та æрдузы гæмæхты бæхтыл ма бацауæрд, æмæ фæстаг 124
къорды бирæгътæн фæдæргæвдæн акæнæм— æрзилæм сæ алы-* варс. ,' .-’ Æмбаргæ хъазахъаг куыннæ сразы уыдаид йæ’ ныфсхаст. æрхъуыдыджын æмзæххоиимæ. Баехты рæвдзыл йæ зæрдæ дард- ’ та.’’Миты æнцон уайæн нæ уыди; фæлæ бирæгъты балæн дæр сæ баййафын фæзын фæдæргæвдæнæй. Тæфæй ницы æмбарынц, ’ цæстæй æмæ хъусæй —- рæвдз, фæлæ фæдæргæвдæны зиллачы — дзæвгар аууæттæ кæм уырдыгаивæй, кæм та хæрдмæ суайæн- ты. Цæстæй сæ амæттæгты а’гургæйæ бирæгъты фæстаг бал ныс- суйтæ, раззаг та фыдæнхъæлæй аззад. Уæдмæ Хъайсын дзоны- гъы гуыффæйы сæрккат’михы стæвдæиæй срæмыгъта æмæ æ’м- ’балмæ дзуры: - — Ныр, мæ хур акæнай, бæхтæ — де уазæг! Фæкæлынæй сæ бахиз æмæ фидар. бад. Бирæгътæй нæ чи куыд æййафа, уы- доны та мæ бар уадз. Балбирæгъты сурæг къордæи æмхуызон кæм æнтысти бæх- ты фæдыл уайын, уæлдайдæр—фæдæргæвдæнæй, æмæ пыххал сты гæзæмæ, дæрддзæфтæй. Æртæйæ, сæ тæккæ палæттæ æмæ барджындæртæ, тæрфы иу фарсæй иннæ фарсмæ сургæйæ дзо- кыгъы баййæфтой. Æипæты раззаг дзоныгъы иувæрсты уайы æвæд миты, æмæ йæ цы ;бамбарын хъуыди: хъавыд бæхтæм. Баййафы сæ, фæразæйыл архайы йæхи фехсын æввопгæй æмæ ’ та фæсы.кк вæййынц йæ тугмондаг фæндтæ. Бæхтæ хæстæгмæ куы бам’бæрстой бирæгъты тас,1 уæд бынтон къабæзтæ феста- дысты, æмæ дзоныгъ, уæлдæфы тæхæгау, йæхи- хæрдмæ сисы. Бæхты тыхулæфт, тымыгъы-къуыззитт æмæ бирæгъты æфсæрты къæе-къæс иу уæлвæзы баиу. Раззаг.бирæгъ йæхи фæстаг хатт .фехста æмæ бæхты къæхты бын уæззау цæлхъæй смидæг, стæй йыл дзоныгъ цæхгæрмæ абырыд. Бæргæ ма азылынтæ кодта йæхи фестыны фæндæй, фæлæ дзопыгъвæдыл гæндзæхтæ цæгъд-' гæпæ аззад. Иниæ дыууæ бпрæгъы дыууæ фарсæй лæбурын- вæнд акодтой. Бæхтæм куыпæ баххæссыдысты, уæд дзопыгъмæ хæстæг уайынц, сæ дæпдæгты къæс-къæс хъуысы. Хъайсыи дзо- ныгъы бæпдæнбастыл галиу къухæй фидар фæхæцыд, рахизæй михы кæрон райста æмæ фæйиæ цæфæп дыууæ бирæгъы уæл- гоммæтæн аззадысты,- Уæдмæ æр’баввахс сты иниæтæ дæр, æна- хуыр змæлд сси уæлвæз: кæм — раззæгтæм кæсгæйæ разæнгар- ды пыфс, кæм та — туджы адджын тæф. Бирæгъ бирæгъы фыд пæ хæры, зæгъгæ, фæдзурынц, фæлæ туджы тæф банкъардта ком-коммæ уынгæйæ, уæд лæбурыпимæ æнæууылдæй фæркгай пыхъуыры. Фæстæгтæ æртæ раззагыл тугхъулæттæй кæй амбырдсты, уый ма цы зоиып хъуыди Хъайсыпæн æмæ æмбалмæ дзуры: 125
—’ "Ныр’ галиумæ фæзил бæхты æмæ цырддæр хъæды æрдуз- мæ, иауæд иинæ балбирæгъты къорд разæй бирæ нæ фонхъæл- мæ кæсдзæни, æмæ дыккаг раны стæм.уæд. Разыбадæг бирæгъты къордыл тымыгъ бæлццæтты уынæр цы хаста, æндæр иицы ахæмæй æрхатыдтой, æмæ æвæццæгæн æрæджиау бамбæрстой сурæг балимæ кæрæдзийы. Уæдмæ дыу- уæ æмбалæп сæ тарст æрцыд стыр арты фарсмæ бадгæйæ, фæл- мæст бæхтæ. дæр хуыррыттæй хос хордтой дзоныгъы раз... ’ < Райсомæй ныйирд, бæстæ къæс-къæс кæпы. .Бирæгъты ба- лæй сын тæссаг нал у, фæлæ арф миты цæуын фæзындæр. Бы- натмæ æввахс, гыццыл цæугæдоны былтыл сæ размæ æртæ лæ- джы алæууыд. Иумæ дзы цуаноны дыууæхстбн. Æхсæвы тухæн- ты фæстæ бæлццæттæн æхсызгои куыннæ уыдаид лæгты фепд æмæ сын сæумæйы арфæтæ ракодтой. Фæлæ ’уыдон æгомыгæй алæууыдысты, стæй гæрзифтопг барджынæй дзуры: — Уæ райсомæй райгæ ут, фæлæ хæринагæй цы ласут, уы- донæй ам фæуадзут æмæ — фæидаграст! — Уыдон ахст адæмæн ласæм, æмæ нын уый бар нæй,— дзуры сæм хъазахъаг. — Ды уал фыццаг дæхи сагъæс бакæн, науæд,— кæронмæ нал загъта æвирхъау хъуыды гæрзифтонг, фæлæ йæм дыууæх- стон æрдардта. Цы хуыздæр мадзал ма сын уыди фæндаггæттæн. Бирæгъты балæн иæ ныууагътой мæгуыр хъæддзауты хæлц, фæлæ ныр гæрзифтонг фыдгæнджытæн уадзгæ æрцыдысты... Æмæ ахæсто- ны хнцауад дыууæ ахст лæджы удуæлдай фыдæбæттæ фыдгæн- дыл банымадта æнæ уæлдай æвдисæнæй. Уыйадыл дыууæ лæ- джы хасты æмгъуыдмæ бафтыд дыгай азтæ. Уыдзæн ма. 126
ХÆМЫЦАТЫ Юрий ЯКУТАГ ТЕТРАДÆЙ КАРЗ ÆХСÆВ Уазал къуыс-къуыс кæны уынджы; бамбæхсти* мæй, Хъæддзау æрцæуы куырмæджы — рухсы цъыртт нæй... Фæллад бæх бахуыррытт кæны — ласы йæ хъæддзау’ сыфцæй. Куыйты рæйд азæлы хъæуы, срæйынц кæрæдзи ныфсæй. Сау мигътæ. сабыргай тайынц — Мæй дæр фæзынди хæстæг. Карз æхсæв цæстытыл уайынц Хъарм уат, æхсæвæр, хуыссæг. Оххай! Мæнæн та мæ зæрдæ Атахт Ирыстонмæ дард. Цæй-ма, мæ бæлон, куыдтæ’дæ? Цæй-ма, куыд æрвитыс цард? * * * Ацы зæххыл Æз бæллицтау мæ хъуыдытæ уадзын — Æгъгъæд мын у уисын бæхыл Кæрты, сывæллонау, хъазын... Зæххыцъар абои — мæ кæрт, Бинонтæ — дзыллæ æппæтæй, Адæм, уæ хорзæх мæ ;уæд — Хай мыи ыскæпут уæ мæтæй.
Хай мыи ьгскæнут уæ цинæй, Ноджы — уæ зæрдæтæй хай... Уемæ ,куы цæрон æлгъииæй — Заууат — мæ фæззыгон най... СЫБИРАГ ÆХСÆВ Урсбарц мигъты ’хсæн рæсугъдæй Мæй кæсагау ленк кæны. Хауы та мæиæн мæ удæй,— Цымæ ацы ’хсæв кæм и?.. Кæд мæнау нымдзасг и арвмæ, Мысы.ивгъуыд бопты таг? Кæд ныххызти царды арфмæ Æмæ нал ары фæндаг? Кæд мæнау мæ фенын мысы,— Мæйы хуызы суыдта мæн? Кæд мæнау йæ хъару сысы Æмæ пал у, нал, сæрæн? Кæд йæ зæрдæйы цæхæры Оудзы ’иæрхуысгæ мæ хуыз? Уæлæ мигъты уад фæтæры, Ирд кæны зымæгон æрдз. Зæрдæ та йæ арф сагъæстæй Нал фæцух ис боимæ, нал. Амондджын дæн ахæм уарзтæй... Ис адзалæн дæр мадзал. •, ÆУУÆНК Æз федтон, адæймаг куыд сæлы, Куыд фесты иххъæпæн æппæт, Фæлæ йæ мидæг уд нæ мæлы, Цæрынц йæ хуылфы цин, ныфс, мæт. 128
Æз федтон адæймаг куыд судзы, Куыд фесты иууылдæр ц’æхæр. Фæлæ фæцæры ’уд йæ хъузджы, Йæ къæхтыл слæууы уый уæддæр. Фæлæ нæ федтон — есардта амонд Æцæгæлон бæсты бæлццон... Нæ Ирмæ, бæлгæйæ та абон Мæйдарау арвыстон мæ бон., ГИМН ÆРДХОРДДЗИНАДÆН Æнхъæлдтон æз, ÆрджынарæджьГ комæй Куы ахизон, уæд нал ис зæхх цæрынæн. Уæд ничиуал ысдзурдзæни мæ.номæй, Мæхæдæг дæр нæ зæгъдзынæн: «Мæ лымæн». Æпхъæлдтон æз, ирон лæг никæй хъæуы — У алкæмæн йæ адæмыхатт уарзон, Æмæ æз иугæр .куы ахизон нæ хъæуæй, '^æд фесæфдзынæн, дард уон, гъе, æввахс уон. Рæдыдтæн æз. Уæрæсейы цæдисы Лæгæн уыдзæни алкæм хорз æмгæрттæ: Якутаг лæг мæ къух хæларæй исы, Кæрæдзийæн куы дзурæм мах нæ фæвдтæ. , Мах’, иу бæстæйы цардæгас хъæбултæ, * Æфсымæртау кæрæдзийы куы уарзæм, Тæрсæнт нæ тыхæй, ма уæндæнт фыдгултæ, Æрдхорддзинад, тырысайау — нæ разæй.' У астæуыстæг арæзт бирæ хъултæй, Йæ тых дæр уымæн бирæ у, æлвасы. Мах, иу бæстæйы цардæгас хъæбултæ, Оабыр цард ис нæ^цæстыты æпгасы, 9 Мах дуг № 2—3 129
ДÆУ МЫСГÆЙÆ (Арын дзы Дзгойты Азæйы ном) Æгæрон арвыл судзгæ стъалы ратахт — Иæ цард тæхынæн иу уысмы онт радта... Иæ зынг æнæвгъау ахардз кодта уайтагъд Æмæ æрбайсæфт— арвы фурды атад. > Иæ алыварс та стъалытæ мæм дардæй Æрттывтой хъæлдзæг раздæрау мæ сæрмæ, Æиæрвæссонæй худтысты былалгъæй Æдзард стъалыйыл... кастысты дæлæмæ. Мæн та мæ хъуыды бафтыдта фæдисы. Æдзард стъалыйыл кодтон бонмæ катай,— Цæмæн раппæрста уый йæхи? Кæд исты Æвæндон’ дзуапп ын, ды мæ хæлар, радтай?.. ÆРÆДЖИАУЫ БАРÆГ Фæстагмæ сбадтæн æз мæ саулох бæхыл, Ныр дугъæтты куы нал* ахсы мæ цæст. Кæмдæр сты разæй. Райсомы æртæхы Мæ сагъæс у чысыл фæрдгуытæй зæрст. Тæхьгн æз дæр, мæ саулохаг нæ сæтты — Йæ фæстаг къæхтыл алæууы, тыхсы... Æмæ мæ скъæфы къæдзæхтыл, æвæдтыл, Ыстæхы хатгай цъиусурау хæрдты. Хæцын æз фидар дзыларыл, мæ къæхтæй Æнкъарын алкæм æгъдæнцæйтты уæз, Мæ бæхы барц фæхъуынджындæр æврæгътæй, Мæ бæхы.змæлдыл нал хæцы мæ цæст. Тæхын æз размæ ме ’мбæлттæи сæ фæдыл — Æййафдзынæн сæ искæд бон æз дæр. Фæстейы зайын — æз тæхын æвæдты, Фæстейы зайын — сурын сæ уæддæр.
АДÆЙМАГМÆ Цæуылнæ хъахъæнæм о, адæм, Кæрæдзи ’нафоны æнцъылдтæй? — Цæмæн фæкæнæм арæх батæ Зæрдæйæ нæ, фæлæ нæ былтæй? Цæмæн ыовæййæм мардыл «риссæг», Кæд æй нæ нымадтам æгасæй?! Цы фæцæуæм фæндаг æвдисæг, Хъуыддагæй нæ, фæлæ ныхасæй?! Цæмæн бæллæм хъæздыгдзинадмæ, Кæдиу суари нæ цæст нæ уарзы? Цæмæн фæ1кæсæм арæх дардмæ, Кæд мах нæ уынæм, ц’ и нæ разы?! РАЗДАХ, САБИДУГ, ИУ БОН МÆНÆН Бонтæ уайынц фæдисоныуадæй, Дзурынц цардимæ сабыр мæ былтæ... Æз мæ урс хилтæ федтон æнкъардæй, Æз мæ цæсгомыл федтон æнцъылдтæ. Цæссыг рустыл ызтъоры фæрдгуытау, Зæрдæ мысы йæ уалдзыгон бонтæ... Амонд уайтагъд фæлыгъди хæрз фынтау, Цард ’мæм райдыдта дзурын æргомæй; Цард мыи дзуры: дæ зæрдæмæ ма хъус, Уæд дæ фæтæг æрмæстдæр дæ зонд, Ды фæллады онг бонæй-иу бакус, Гъе, уæд амондджын хондзынæ бон! Цард мын дзуры... Æппæтдæр мын дзуры... У æргомдзырд — йæ уацары дæн... Ехх, мæ зæрдæ та цардæй >куы куры,— Раздах, сабидуг, иу бон мæпæн.
* * * О, ме-’ртæ лæппуйы,-— О, ме ’ртæ дæзнайы... Мæ зæрдæ уæ койæ . Куы кафы, куы райы... Раст афтæ-ма хурмæ Нæуæг æвзар райы, , Сæууон хуры тынтæм’ / Йæхи цадæг найы. Сымах ыстут — зонут — Мæ фæндаджы сæр дæр... Уæ фыд мæ цы хонут? Ныр систут мæ зæрдæ. Мæ зæрдæ та кусдзæн Мæ хъысмæты бонмæ, Уæ циндзинад хъусдзæн Мыггагмæ, зæрондмæ. ч Куы нал цæрон искуы — 1 Нæй зæрдæйæн сивæн... Мæ зæрдæ уæлæуыл Цæрдзæни уæ цинæн... * * * Æз а дунемæ равзæрдтæн, цæмæй Мæ райгуырдыл фæсмон’ кæнон æдзух.— Мæ царды мидæг удæнцой мын нæй, Æххуысмæ дæр мæм ничи дары ,къух. Æнцон фæндæгтæ никуы ’взæрстон æз,— , Кæм кусон, уым — зæрдиагæй, бæлвырд... Æз ме ’мгæрттæн сæ разæй уон — мæ хæс, Фæндагамонæг хъуамæ уа мæ дзырд; Зыи у мæнæн, фæлæ нæ хатын цард Æнæ нысанæй, раамæбырстæй... Тох Хуыздæр уæвыныл — уый у цины зард, Æмæ мæ царды уый иæ кæны рох.
Зындзипæдты куы сæвзæры хъуыддаг — /Емгæртты’ арфæ сæмбæлы мæныл; М’æ риу . вæййы рæсугъд бæллицтæй дзаг,— Цыма та ногæй райгуырын зæххыл. Æз а дунемæ равзæрдтæн, цæмæй Мæ райгуырдыл фæсмон кæнон æдзух,— Мæ царды мидæг удæнцой мын нæй, ’ Фæлæ нæ исын, сабыр цард, дæ къух; 133
АДæмОн сфæлдыстАД Æнæгуырд чызг Аргъау Царди æмæ уыди Ципо æмæ йæ ус. Уыдонæн райгуыр- ди лæппу. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ амардысты Ципо æмæ йæ ус. Лæппу сидзæрæй баззади, гыццыл- гай хъомыл кодта. Сæ разы уыдис суадон. Хъæубæстæ дзьгиу* уылдæр дон хастой. Иу бон къулбадæг усы чызг дæр йæ æн- гуылдзыл дæс дурыны бакодта æмæ суадонмæ бацыди, дон оиста йæ дурынты æмæ рацæуы. Уæд Ципойы фырт йæ фыды фат æмæ æрдынæй хъазыд, æмæ чызджы доп хæсгæ куы федта, уæд ын йæ дурьгнтæ ныппырх кодта. Чызг сæхимæ кæугæ ’рбацыдис, æмæ йæ мадæн хабар радзырдта. Уæд ын йæ мад афтæ зæгъы: — Ма ку, мæ хъæбул, уæртæ иннæ дурынтæ ахæсс æмæ ма дыи сæ кæд асæтта, уæд ын-иу зæгъ: .— Кæд ахæм хъочах лæппу дæ, уæд дæхицæн æнæгуырд чызг æрхæсс. Чызг йæ мады дзырд сæххæст ’кодта. Лæппу сагъдау лæу- гæйæ баззад, стæй æрæджиау йæхицæн загъта: «Кæиæ мæлæт, кæнæ мын ахæм чызг æнæ ссаргæ нæй». Райсом сæ бæх сифтыгъта, йæ фыды фат æмæ æрдын рай- ста æмæ араст йæ фæндагыл. Фæндагыл ыл иу урсзачъе зæронд лæг фембæлд æмæ йæ фæрсы, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. Лæппу æппæт дæр радзырдта. — Ацал-ауал ?зы цæрын æмæ ахæм чызджы кой никуы фе- хъуыстон,— загъта зæронд лæг. Лæппу хъæуы кæронæй куы ахызт, уæд къулбадæг ус йæ размæ фæцис æмæ йæ фæрсы: ’ — Кæдæм цæуыс, хорз лæппу? . Лæппу йын загъта: | — Æз агурын æнæгуырд чызджы. Къулбадæг ус ын афтæ: — Мæ мадыстæн, уыйбæрц базæронд. дæн æмæ ахæм чызг ис, уый ннкуы фехъуыстон.— Стæй ус загъта: 134
— Ахсæв дын фысым фæуыдзыстæм. Лæппу сразы — æндæр гæнæн ын нæ уыди, баталынг. Тынг æй суазæг кодтой. Мад лæппуйыл " йæ цæст. æрæвæрдта. Йæ чызгæн афтæ зæгъы: — Дзæбæх хуыссæн ын бакæн, стæй-иу дæхæдæг дæр йæ цуры схуысс! Куы фæрæдийа, уæд нæхи у, цы гæиæн майьш уыдзæн. Чызг афтæ бакодта, фæлæ йæ лæппу йæхимæ хæстæг нæ бауагъта. Уæдмæ бон дæр æрбацъæх и. Лæппу фæгæпп кодта, йæзш ахсадта* йæ бæхыл саргъ авæрдта. Уæд æм къулбадæг ус баздæхт æмæ йын афтæ. —, Бирæ цæудзынæ æви гыццыл, фæлæ фæстагмæ бахæццæ уыдзынеё Сау хохмæ, уым цæры лæгæты къулбадæг ус. Уымæн йæ’цурты цæуын ничичуæнды, уый дæ иу комдзагæн ахæрдзæн. Куы бацæуай, уæд-иу дзы ракур ахæм дйырд, цæмæй дæ 1ма бафхæра. . Ацыд лæппу æмæ бахæццæ лæгæтмæ, уыны: бады’ ус къо- иайы цур, йæ иу дæндаг — уæлдзæх, иннæ та — дæлдзæх. Æр* бахæстæг лæппу зæронд кæлæнгæнæгмæ æмæ йæм дзуры: 1— Оф-оф, нана, цы фæллад бакодтон! — Нана зæгъгæ мæм куынæ сдзырдтаис, уæд мæ дæндагæн айсæрдыны фаг дæр нæ уыдтæ! Зæронд ус хæдзармæ бахуыдта лæппуйы æхсæвиуат кæнын- мæ, æмæ йæ хъуыддæгтæй бафарста. Лæппу йын йæ хабæрттæ <фæкодта, Сылгоймаг загъта: — Дæ бон нæ бауыдзæн иунæгæй ахæм чызджы ссарын. Мæнæн ис æртæ ’фсымæры, цæрынц денджызы фаллаг фарс. Нижæй бон у уыдонмæ хæстæг бацæуын; цъиу сæ сæрты атæ- хын нæ уæнды. Фæлæ мæнæ мæ къухдарæн дæ къухыл бакæн, уый’ дæ бахæццæ кæндзæни. Куыддæриддæр дæ феной ме ’фсы- ма*ртæ, афтæ’дæ рацахсдзысты æмæ дæ апырхытæ кæндзысты. Фæлæ-иу ды дæ къух хæрдмæ сис, къухдарæн куыд феной, аф* тæ æмæ ^æм нал бавналдзысты. Къулбадæг ус къухдарæн йæ къухæй рафтыд^а æмæ йæ лæппуйы къухыл бакодта. Лæппубирæ фæцыд, чысыл, чи зоны, фæлæ бахæццæ, æртæ *фсымæры кæм "цæрынц, уырдæм. Тынг дымгæ рацыд æмæ лæп- пуйы раскъæф-баскъæф кодта æд бæх. Уый уыдис æфсымæрты комы тæф. Æфсымæртæ куы ауыдтой лæппуйы, уæдæй рацах- стой, хъуамæ йæ аокъуыдтæ кодтаиккой, фæлæ сæ иу фæхъæр кодта: — Фæлæуут-ма, йæ къухыл нæ хойы къухдарæн ис, бафæр- сæм æй, кæм ын уыдис? 135
Уæд сын лæппу йæ хабæрттæрадзырдтй. / - — Никæд -фехъуыстам, мад кæй нæ ныййардт’а, ахæм,чыЗ- джы хабар. Фæлæ кæм цæры, уый фехъуыстамæм^æ’ дын бах- хуыс кæндзыстæм иæ иунæг хойы тыххæй, цæмæй ссарай уыцы чызджы, кæд æй дæ бои бахъахъæнын бауыдзæн, уæд. / ’ ’ Тынг бац’ин’кодта лæппу уыцы пыхæстыл æмæ араст семæ. Æфсымæртæ зыдтой, уыцы-чызг кæй цæры Сау денджызы бын, йæ тæккæ астæу. Лæппуйы уырдæм’ арвыстой* æмæ йын радтой урс кьæбыла. Къæбыла уыди тынг зоидджын, æмæ æф* сьШæртæ бафæдзæхстой лæппуйæп: - , — Ацы куыдз ,дæ ньгккæпдзæп деиджызы бынмæ æмæ уым фендзынæ æртæ сызгъæрии бæласы.-Р.алыгкæндзынæ бындза- рæй астæуккаг бæлас æмæ йæ саргъыл бабæтт., Куыдз дæм куыцæ æихъæлмæ кæса, уæд-иу’æм асид, кæннод фесæфдзынæ! Куы бахæццæ лæппу уыцы бæлæ’стæм, уæд къæбылазгъо- рынмæ фæцис. Лæппу бæлæстæ куы федта, уæд æй фырцинæй къæбыла æрбайрох. Йæ^тæккæ бынæй ракодта бæлас, æмæ йæ саргъыл бабаста. Фæстæмæ раздæхт * сæхимæ йæ фæидагыл. Уæд дымгæ сыстад денджызы, лæппуйы уылæнтæ фæцæйхастой семæ. Йæ размæ разгъордтой къулбадæджы æртæ ’фсымæры æмæ йын дзурынн: - — Ды махмæ нæ байхъуыстай, æмæ ма дæ гыццыл бахъуыд .фесæфынмæ. Нæ дын^дæдтæм ацы бæлас, ацы дард фæндагыл дæхæдæг дæр ’амæлдзынæ æмæ уый дæр фесафдзынæ! Лæцпу сын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Ма мын байсут мæ бæлас, ныр уæм байхъусдзынæн. Фæтæрпгъæд кодтой æртæ ’фсымæры .лæппуйæн æмæ йын, йæ бæлас радтой, фæлæ та йын ногæй бафæдзæхстой: ’ — Куыдз демæ згъордзæн, фæлæйыл ма’куы схъæр кæн иуч хатт дæр, куы алидза куыдз дæуæи, уæд уыдзæн дæ мæлæт: Де зцæттæ дæ фæттимæ.сурдзысты^ фæлæ куыдз йæ рæйынæй уыдои нæ бауадздзæн дæумæ! Фынгыл дæ.куы сбадын кæной, уæд-иу куыдзы дæ цуры сбадын1 кæн, хæринæгтæ куы.æрæвæ- рой фыпгыл, уæд-иудзы цалынмæ куыдз ахæра, уæдмæ дзы ды ма бахæр/ Лæппу хæрзбон, загъта æмæ та йæ фæндагыл цæуы. Йемæ ласы уыцы бæлас æ.мæ хъуыды кæны: цымæ мын цы баххуыс кæ’ндзæн ацы бæлас чызг ссарынæн! ^ 1 .Уый йæ хъуыдыйьГдæр нæ уыдис, ,кæй агуры,уый бæласы хуылфы æмбæхст кæй ис. Æрбахæццæ кæлæнгæнæджы хæдзар- мæ|æмæ йын йæ къухдарæи радта. Арфæ йып ракодта æмæ та дар!ддæр цæуы йæ фæндагыл. Æирæ,1. æви гыццыл фæцыдис, уый * чи зоиы, фæлæ та бахæццæ, йæхицæн æй си’ахс кæнынмæ чцы къулбадæг ус хъавыд, уыцы хъæумæ. Æхсæвы та уыдонмæ 136
æрфысым кодта, бæх æмæ ^бæлас ’ та бæхбæттæныл бабастЗ. Фыиджы уæлхъус æй аербадын кодта ус, хæбизджынтæ йын йæ разы æрæвæрдта, гоцъоби арахъимæ. ’ Лæппу куыдзы дæр йæ фарсмæ сбадын кодта "æфсымæрты фæдзæхстмæ гæсгæ. Куыдз хæринæгтæм кæсгæ дæр нæ кæны. Лæппудæр не’’вналы хæрииæгтæм. * / Уæд æм ’хæдзары æфсин дзуры: ,— Ахæр, æххормаг уыдзыпæ, дæ рынтæ дын бахæрон! , -,Уæд лæппу афтæ зэегъы: , ^ — Куыдз куынæ хæрььдæ уæлибæхтæ, уæд дзы æз куыд бахæрон?4 > , ! Уæд кæлæнгæнæг рахаста æндæр уæлибæхтæ æмæ. сæ фын- гыл æрæвæрдта. Куыдз сæм басмыста æмæ дзы ахордта. Æмæ уæд лæппу дæр бахордта. Сæумæрайсом йæ бæх бæхбæттæнæй райхæлдта æмæ йæ фæндаг дары. Фæлæ кæлæнгæнæг йæ чыз-; гæн бафæдзæхста: базон-ма, цы ласы йемæ. Чызг, гурæй-гурмæ цæуы йæ фарсмæ æмæ йæ фæрсы: * — Цы ласыс; уыцы бæлас дын цыу? Лæппу йын афтæ зæгъы: — Ницы! Куыдз уыцы фæрстытæм йæ рæйынæй не ’нцади. Лæппу бам- бæрста, кæлæнгæнæджы чызг йæ ныхмæ кæй у, æмæ йæ хæс- тæг нæ уадзы бæхмæ. Тынг.бирæ ф’æцыди чызг семæ, бафæл- лад лæппу уыцы фæрстытæй æмæ куыдзы рæйынæй. Цæуынц дарддæр æмæ сæ чызг нæ хицæн кæны, семæ цæуы: — Фенын мын кæн, цы ласыс, уый, мæнæй йæ ма ’мбæхс! Лæппу загъта: .; ч •— Уый бæлас у, ды дæр æй уыныс æмæ æз дæр’. Чызг дæр ын æнцой,нæ лæвæрдта æмæ куыдзы рæйын дæр. ’ Нал баурæдта лæппу йæхи æмæ куыдзыл фæхъæр кодта, æмæ куыдз азгъордта йæ фæд, йæ фæд, кæцæй рауад уырдæм. Фæлæ кæлæнгæнæджы’ чызг1 йæхионтæ кæны, фæрсы та лæппуйы. Лæп- пу йæхи нал баурæдта æмæ саргъæй бæлас мæстьГтынд ра- кодта, зæххыл æй æрæвæрдта. Райста фæрæт æмæ йæ йæ тæк- кæ астæуыл ахауын кодта. Уырдыгæй рагæпп кодта сызгъæрин дзыккуджын æнæгуырд чызг. Куыддæр уый федта къулбадæг усы чызг, афтæ дисæй амард. , ч ’ — Ахæм бæстырæсугъд хæссыс дæ фæсарц æмæ йæ адæмæй æм’бæхсыс? Лцу æмæ баххуырс файтон. Баууаендыд лæппу чызджы ныхæстыл. Ацыди файтонм,æ. Уыцы рæстæджы къулбадæг усы чызг февнæлдта ’ æмæ чыз- гæн йæ’ сызгъæрин дзьиккутæ æрбалыг кодта æмæ сæ йæхи сæ’; рыл’стЫхта. Стæй йын йæ дзаумæттæ дæр раласын кодта æмæ сæйæхи’уæлæ скодта. Чызджы та доны ныппæрста. Уыцы дон 137
та, Ципойы хæдзары фæрсты цы суадон цыдис, уыимæ иу код- т#. Чызджы доны куы ныппæрста, уæд’ сызгъæрин кæсаг фес- тад æмæ Ципойы суадонмæ хæрдмæ баленк кодта. Æрбаздæхт лæппу фæстæмæ, æрбакодта файтон æмæ фæндырдзæгъдæг. Сбадтысты файтоиы æмæ хъæлдзæгæй йæ-фыд Ципойы хæдзар- мæ ’рбахæццæ сты. Райдыдтой иумæ цæрын. Иу хатт сызгъæрин кæсаг Ципойы суадоны ленк кодта, æмæ-иу æххуырстытæ рæ- гъæутФæ донмæ куы ’р^ардтой, уæд-иу кæсаг "афтæ цæхæртæ калдта, æмæ-иу рæгъау æнæ донæй фæйнæрдæм алыгъдысты. Афтæмаёй фо’с дойныйæ мардысты. Афтæ сæ цалдæр боны мæс- тæй мардта сызгъæрин кæсаг. Уæд Цйпойы фырт афтæ зæгъы æххуырстытæн: ай цы диссаг у? — Цæуылнйе нуазынц мæ рæгъау дон? Æххуырстытæ йын дзуапп радтой: — Мах аххос нæу, мах сæ батæрæм доны былмæ, фæлæ уыдон нæ нуазыпц. Уæд Ципойы фырт афтæ зæгъы: — Базонут, цæй аххосæй нæ нуазынц. Æххуырстытæ суадонæн йæ райдайæнмæ бацыдысты æмæ федтой сызгъæрин кæсаг. Уый радзырдтой сæ хицауæн. Уыцы хабар усы хъустыл æрцыд ’æмæ бамбæрста, йæ хин тагъдчйæхи- уыл кæй æрзилдзæн. Уый куы базыдта Ципойы фырт, уæд кæсагахсджыты бах- хуырста, цæмæй æрцахсой сызгъæрин кæсаг. Фæлæ сæ къухы н.ицы æфтыд. Уæд лæппу загъта, уадзут æй æмæ йæхицæн ленк кæна, зæгъгæ. Иу бон куы уыд,хуæд Ципойы фырт йæхæдæг суадоиы йæхи æхсадта. Куыддæр йæ къухтæ доны атъыста, афтæ йæм сызгъæ- рин кæсаг æрбаленк кодта, æмæ йæ лæппу æрцахста. Цингæн- гæ йæ сæхимæ ’рбахаста æмæ йæ хъæдын къæртайы сæвæрдта, Дон дзы ныккодта. Йæ ус куы базыдта, йæ хъуыддаг хорз нæу, уый, уæд йæхи рынчын скодта. Иу бон йæ лæгæн афтæ зæгъы: — Цалынмæ уыцы кæсаджы игæртæ нæ бахæрон, уæдмæ не ’сдзæбæх уыдзынæн! Уæд ын йæ лæг афтæ зæгъы: — Нæу мæ бои сызгъæрин кæсаг аргæвдыи, мæ къух æм иæ тасы! фæлæ кæлæнгæнæджы чызг фæдзырдта йæ лæджы æмбæлт- тæм æмæ сын афтæ зæгъы: уæ хорзæхæй, сразы йæ кæнут, кæн- нод амæлдзынæн... . Уйед æмбæлттæ лæджы къуымы бакодтой: — Ау, дæ кæсаг дын дæ усæй зынаргъдæр у?! Лæгæн дæр ма цы гæнæн уыди, сразы йæ кодтой. Уыцы хъæуы цардис ’иу мæгуыр зæронд ус, нæ йын бахæринаг уыд; 138.
йæ, йæ уæЛæ "цы скæна, уый. Хъæубæсты! цæрджытæ йын-иу цыдæр хæринаджы муртæ радтой. Æмæ у’ыдæттæй ирвæзти. Кæсагæн дон уæларты. бавæрдтой. Уыцы рæстæджы зæронд ус уыцы хæдзармæ фæцæйцыд æмæ ныхæстæ йæ хъусыл æрцы- ди, ныртæккæ йæ аргæвддзыстæм, зæгъгæ. Ус сызгъæрин кæ- саджы къæртайы куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæм хæстæг бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ныртæккæ дæ, мæгуыр, æргæвдгæ кæнынц, æмæ дыл мæ зæрдæ риссы. Уæд кæсаг хæрдмæ слснк кодта, æмæ йын афтæ зæгъы: у — Кæд мьш тæригъæд кæныс, уæд уьщы сахат мæ цуры лæуу, куы мæ ’ргæвдой, уæд, æмæ мæ туджы ’ртæхтæ дæ раз- дарæнмæ бахаудзысты. Ахæсс-иу сæ дæ хæдзармæ. Æмæ куы схуыссой, уæд-иу сæ æрбахæсс, сæ хæдзары раз ракъах æмæ сæ уым баныгæн, æрмæст дæ мачи фенæд! Аргæвстой кæсаг, сфыхтой йæ, ус ын бахордта йæ игæртæй æмæ цыма фервæзтис йæ низæй, йæхи афтæ дары. Дыккаг бон кæсынц, æмæ сæ хæдзары дыууæ сызгъæрин бæласы ’рзад. Адæмæн сæ дисæи кæрон нæ уыди, никуы федтой ахæм .диосаг. Фæлæ Ципойы лæппу цинæй марди, Уайтагъд та къулбадæджы чызг бамбæрста, æмæ та йæхи рынчын скодта. Йæ лæгмæ та фæдзырдта æмæ та йын афтæ зæгъы: ,. —"Ацы бæлæстæ та нæ разы куы ’рзадысты, уæдæй фæстæ- ’ м^æ та ме ’уæнгтыл иал хæцын. Дæ хорзæхæй, сæ бындзарæй сæ скъах æмæ сæ басудз! Фæлæ йын йæ лæг ком нæ дæтты: — Дæ цæст та сæ куыд уарзы уыдон скъахын, адæм сæ диссагæн куы хæссыиц? , Уæд та йын йæ ус афтæ: — Куынæ(мæм (^йхъусай, уæд, æвæццæгæн, мæ хуыссæнæй нал сыстдзынæн, Цы та кæна лæг? Лæг — лауыз, ус—фæлдахæг. Йæ адæ- мæн та загъта æмæ сæ къахын байдыдтой. Куыд сæ къахтой, 1 афтæ зæххы, дæлæмæ цыдысты арфдæр. Къахджытæ смæсты сты, æмæ дзы иу мæстæй бæласы фæрæтæй нырриуыгъта æмæ дыууæдихы фæцис. Уырдыгæй схъис асхъиудта æмæ зæронд усы къæсæрыл æрхаудта. Бæлæсты уайтагъддæр акъахтой æмæ сæ бась^гътой Æрбацыд мæгуыр зæронд ус йæ хæдзармæ, джи- хæй аззад иу дзæвгар, стæй схъис систа æмæ афтæ зæгъы: — Мæхицæн дзы сæрвасæн скæндзынæн! Сæумæрайсом зæронд ус ацыд кæдæмдæр. Изæры куы ’рбаз- дæхт сæхимæ, уæд кæсы, æмæ хæдзар хæрззылд, хæрзæфснайд. Дисæй куыннæ марди зæронд ус! 139
Райсомæй та ацыдис. Йзæры та куы ’рцыдсæхимæ, уаёд та хæдзар — ноджы хуыздæр æфснайд. * Сызгъæрнн схъисæй-иу чызг рацыд æмæ-иу мæгуыр усæн бафснайдта. Стæй та-иу фæстæмæ схт>ис фестади. Мæгуыр’ ус æй никуы баййæфта æфснайгæ. 'Фæлæ уынджы зæронд устытæн, уыцы хабар раАзырдта, æмæ йын уыдон загътой: , — Ды искуы бамбæхс хæдзары, куыпиæ дæ фена, афтæ æмæ йæ.базондзынæ, чи у, уыи! , ^ ’ "* Мæгуыр ус афтæ бакодта. Куыддæр ус чызджы федта, афтæ йыл йæхи баппæрста æмæ йæ пал уæгъд кæны, цалынмæ мын зæгъай, чи дæ, уæдмæ дæ на’л ауадздзынæн, зæгъгæ. Уæд чызг æрбадын кодта усы æмæ йын йæ хабæрттæ сæрæй быпМæ ра- .кодта æмæ йын фæстагмæ загътаг — Изæрыгон æрзилæм дæ хæдзары æмæ фепæм, цы дзы иæ фаг кæны, уый. ’ , — Уæд дæ рынтæ мæ гуьгбыны ацæуой", исчи ’дæ мемæ куы фена, уæд дæ байсдзæн мæнæй æмæ та мæгуырæй баззайдзы- нæн. , • Уæд чызг4'дзуры: ч ’ - — Ма тæрс! Мæн ничи байсдзæн! Зæронд ус фæныфсджындæр æмæ чызджы йæ хæдзармæ ба- кодта. Чызг йæ къæсæрыл слæууыди зæронд усæн æмæ’ скуыв- та Хуыцаумæ. Уайтагъд уыцы ран æртæ уæладзыджы фестад, алыхуызон дзаума æмæ хæринагæй седзаг, афтæмæй. Зæронд ус йæ цæстытыл не ’ууæндыд, афтæ йæм касти-, цыма фын уыны, Чызг афтæ зæгъы: — Уыдон мах сты иууылдæр! Цом æмæ æрзилæм-уæтты. Кæддæра’ма исты хъуаг сты! >' 4 Чызг æмæ зæронд ус зилын байдыдтой уæтты. Асинтæзылд арæзт уыдысты. Æмæ сыл зæронд ус цæуын пæ арæхст, фæлæ йын чызг бацамыдта, стæй йын зæгъы:. — Ныр дын кæй зæгъон, уый-иу сæххæст кæн. Бацу лæн- пуйы хæдзармæ æмæ ,сæ дæхимæ æрбахон. Ацыд зæронд ус æмæ сæм бадзырдта: ’ — Кæд Ципойы фырт хæдзары ис, уæд мæм ракæсæд. Уæд лæпйу афтæ: . — Ацæут, кæрдзьпгын радтут! Æххуырстытæ йын кæрдзын рахастОй, фæлæ уыдон хъуаг нал уыди. Сæхимæ æрбаздæхт ус æмæ чызгæн загъта. Чызг та йæ дыккаг хатт арвыста. Бадзырдта та лæппуйы хæдзармæ; фæ- лæ йæм ничи ракасти, куыйты йыл сардыдтой. Тыххæй ма йæ йæ къæхтæ аирвæзын кодтой. Сæхимæ куы ’рбацыд, уæд æппæт дæр чызгæн радзырдта, æмæ та йæ фæстæмæ арвыста. 140
— Ацу ма фæстаг хатт, æмæ куы ’рбацæуой, уæд æз гыццыл г чызг фестдз’ынæн бызгъуырты мидæг. Лæудзынæн æмæ кæудзы-1 нæн. Уазджытæ дæумæ дзурдзысты: «Ардæм æй рахон сывæл- лоны». Æмæ-иу ды зæгъ: «Æфсæрмы кæны, нæ комы сывæл- лон!» Уæд-иу мæнмæ фæдзур æмæ æз базгъордзынæн дæумæ. Уæд æа фестдзынæн стыр чызг æмæ радзурдзынæн мæ хабæрт- ;тæ- ’ ’ / / Ацыди та лæппумæ зæронд ус. Æмæ ацы хатт рацыд зæ- ронд усмæ йæхæдæг лæппу. ’ — 1^æд мæ дæ сæрмæ хæссыс, уæд уæ нæхимæ хонын дæ , усимæ. Тынг дис фæкодта Ципойы фырт. Ацыдысты йæ усимæ. Куыд- дæр зæроид усы хæдзармæ бахæццæ сты, афтæ сæ цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйхаудтой фырдиссагæй. Ахæм диссаджы хæ- дзæрттæ сæ хъæуы никуы уыди. Мидæмæ бахызтысты, æрбад- тысты фынджы фарсмæ, фынг алыхуызон хæринæгтæй дæлæ- мæ тасæгау кодта. Кæсынц, ’дуары цур гыццыл чызг лæууы æмæ-кæуы. ’ — Фæдзур æм, тæригъæд у,— сдзырдта лæппу. Фæдзырдта йæм зæронд ус. — Бæгънæг у æмæ æфсæрмы кæны уæ размæ æрбацæуынмæ. Уæд ын лæппу йæ къухмæ уæлибæхы карст радта. Чызг рай^ ста уæлибæхы карст’ æмæ та дуары цурмæ ацыд. Уазджытæ хæдзары’ къуымты ракæс-бакæс кæпынц, дис кæнынц. ,Уьшй рæстæджы гыццыл чызг чындздзоп чызг фестади. Фынгмæ хæс- тæг бацыд, уазджытæы æгасцу загъта æмæ сæ цуры фынджы • фарсмæ æрбадти. Уыдонæн фырдиссагæй сæ дзыхы ’дзырд Дæр нал бад’ти. Уæд чызг афтæ зæгъы: — Цæй, æмæ æпкъардæй бадыны бæсты, алчндæр’йæ цар- ды цы зыптæ æмæ хорздзинад федта, уыдон радзурæд. у Уыцы ныхæстæм къулбадæг усы чызгæн йæ уд йæ зæвæт- тæм афардæг/базыдта, йæ фæстаг сахат кæй æрцыд, уый. Сыз- гъæриидзыкку чызг хабæрттæ æппæт дæр радзырдта. Уæд лæппу сыстад æмæ йæ усы йæ дзыккутæй рацахста æмæ йæкъухы аззадысты. Уыдон æнæрайгуыргæ чызджы дзык- кутæ уыдысты. Ракодта усы кæртмæ, йæ бæхы къæдзилыл-æй бабаста, йæхæдæг æртæ цæфы иыккодта бæхы æмæ йæ быдыр- ты ауагъта. Ныффыста йæ Туаты Ладийы чызг Заретæ. Фехъуыста йæ йæ мад Ле- зийæ 1937 азы. 141
ЦÆРУКЪАТЫ Таймураз САТИРИКОН РÆНХЪЫТÆ • * * * Хицауæй куы нал куыста Гыси, Уæд йæ хъузæттæн æцæгæлон ысси. # # #, Нæ цард ма рухс бонтыл куыд бæттæм... Нæ хурх нын куы ’лвасы стыр æргъты «Хъуырбæттæн». # * * Уасæг дзуры каркæн: «Нæ цард у иууыл кæд базар махæн, Дæуæн у де хæс æйчыты æфтауын...» «0, раст у уый... Дæуæн та де хæс — æйчыты æргътыл æфтауын».,. * * * ■ Кæддæры(партократмæ дæр Æрцыд æрæджиау зонд: .«Хуыцаумæ, Уастырджимæ кувут, Зæдты ном исут бæрзонд»... * * * Цас фылдæр къæбæр иумæ хæрæм, Уыйбæрц тынгдæр хатын мæхимæ дæ зæрдæйы хæрам. 142
ОРАТОР Ахæмтæ ма бирæ ис, æвæдза, Ис’сын иу хос: сæ бынæттæй сæ атæр. , Кусынмæ бынтон пъæззы, гуымыдза, Дзурынмæ — оратор... * и* * Йæ зæрдæ стыр бынатыл дардта, Æмæ кæмæндæр маргъы æхсыр дардта... * * * Кæны дам афтæ уыцы фыссæг барæй — Ныр дæр ныл худдзæн, чи зоны,< хæрзаг... Хæссы йæ цоты йæ уацмысты гонорарæй, Фæлæ нæ зонынц мадæлон æвзаг. ЛÆГ —СÆЛАВЫР Цымæ цæмæ уыди йæ хъавд та?.. Гъе уыцы сæлавыр фыццаг Нæ фермæйæ кæрчытæ давта, Уыди йæ гуыбын минас — хæрдæй дзаг. Æцæг, Сæлавыр тынг уыди сæрæч лæг, Тындзыдта рагæй «дзидзаджын» бынатмæ. Æмæ куы суаид фермæйæн сæргълæууæг... Йæ сæрыл йæ шляпæ ныппака, Ныр ын хæссынц йæ кусæн уатмæ Йæ фæсдзæуинтæ Тæвдæй, хæрзфыхæй «Цыплятæ-табака». САНАТОРИЙЫ ФÆСТÆ Гагос ныи сапаторийы уыд, Æрыздæхт хæдзармæ фæлурсæй, Мæллæгæй, хусæй... Тыххæй ма раирвæзт йæ уд.
Цы кодта, уагæры, Гагос, Цы йыл æрцыд рæстæгæй раздæр? Лæвæрдтой дам ын ахæм хос — Йæ низы хатт ын кодта карздæр... Кæны, ай-гъай, лæджы цард афтæмæй цы’быр, Гагос æрхуыосыд рынчындоны ныр, Æмæ йæ тас иæу ам дæр къаддæрм (Æз уый мæхæдæг дæр куы хатын): Куы нæ та базоной, о, ацы хатт дæр Йæ низы хатт ын’. ДОХТЫР — УÆЙГÆИÆГ — Ау, Дзодзыр нын уæдæ дохтыр не оси? — Хуыздæр куыстыл фæхæст: Кæны уæй алы халсар — къабуска, неси... Нæ йæм кæсы йæ ног дæсныйад зын, Кæны йæ усы дзырд æххæст: «Хъæуы хæдзармæ фылдæр пай^а хæссын»... ÆЦÆГÆЛОН НЫЙЙАРДЖЫТÆ Фæхъомыл кодтой ныййарджытæ сæ кæстæрты, Ссардтой сæ амонд цот, Ал-кæмæн дзы — хорз цæрæн хæдзæрттæ. Фæлæ... диссаг: Мад дæр, фыд дæр никуы Бахызтысты сæ ^ъæсæртæй. Дзурынц цот: > «Ас адæм дам чъизи кæнынц райдзаст уæттæ». #
ПУБЛИЦИСТИКÆ ГÆЗДÆНТЫ Валентинæ УÆЗДАНДЗИНАД ÆМÆ ЛÆГДЗИНАД , Адæймаджы уæздандзипад æмæ лæгдзинад астæуккаг æпу- сты ирон адæмы царды цы бынат æрцахстой, ахæм быиат сып никуыма уыди уæды онг. Уыдои снсты уæды æхсæпдзарды æф- сармæн йæ бындур ’дæр æмæ йæ астæуккаг цæджынд’з дæр. Уæлдайдæр, феодалон æхсæнад^ фидар кæнын куы райдыдта, уæд экономикон æгъдауæй ипнæты сæрты чи акаст, уый куыд . нæ фæндыдаид, цæмæй удыхъæдæй дæр сыгъдæгдæр æмæ уæз- ^дандæр куыд уыдаид, йæ лæгдзинадæй дæр куыд хицæн код- таид иннæтæй, афтæ. • ^ 19 æнусы Ирыстоны цардуавæр уыди тынг цым’ыдисаг. Уый 1 уымæн афтæ рауади, æмæ алы ирон æхсæнадты социалон-эти- кон рæзты æмвæзад.уыд фæйнаехуызон. Уый адыл иу цæстæи- гкс нæ ,дардтой' уæздандзинад" æмæ лæгдзинады фарстатæм. 'Цæмæй(уыцы фæзынд хуыздæр равзарæм, уый тыххæй пы- хæй-ныхмæ æрæвæрдзыстæм цалдæр адæмон зарæджы миднсы. «Аслæнбеджы зарæг», кæнæ ма йæ иоджыдæр куыд хонынц, афтæ — «Бæтæйы; фыртты зарæг», у тæккæ зындгонддæр зар- джытæй иу. Дхуырбаты Ксения-куыд фыссы, афтæмæй хъæба- тырты зарæг æмæ нæлгоймаджы кæуын:хъарæгæн ис иу рай- диан. Зарæгæн дæр хъарæджы хуызæн йæ пысан уыд адæйма- джы æнкъарæнтæ фæцагайып, йæ зæрдæ йын кæнæ риссын фæ- 'Кæнын, кæиæ та йын дзы ныфс бауадзын. Бæтæйы фыртты тыххæй бирæ алыхуызоп æрмæг баззади — зарджытэе, ’кадджытæ, таурйегътæ. Уыцы æрмæгæй рахицæн кæ- нæм æртæ хайы: 1 11. Будзи æмæ Аслæнбег, абырæг цæй тыххæй алыгъдысты... 2. Уæлладжыры сæ чи бахъахъæна, ахæм. мыггаг куыд агуырдтой... 3. Аслæнбеджы абырæджы цард æмæ йæ мæлæт... . Зарджыты ;дæр æмæ таурæгъты дæр фылдæр æргом здæхт цыд ацы æртæ хайæ иумæ — уый аразгæ-уыд, зарæггæпджытæи дæр æмæ, сæм чи хъуыста, уыдонæн дæр кæцы хабæрттæ ахс- ^ джиагдæр уыдаиккой, уымæй. Ацы зарæгæи хъуамæ йе ’ртык- 10 Махдуг№2—3 ’ 145 ^
каг хай рауадаид ахæм ’— Аслæнбег ’абырæг куы уыди, уыць^ хабæрттæ. Фæлæ афтæ нæ рауад, ам дзырд цæуы, æрмæст АсИ лæнбег æмæ Айдаболы-фырт Саулохы æхсæн цы хъаугъа рауад,^ ууыл æмæ Аслæнбеджы мæлæтыл. Зарæджы дыккаг хай — ома æфсымæртæ сæ сæр кæмæ фæ-. хæссой, кæцы коммæ, кæцы мыггагмæ — хицæн кæны уымæй, æмæ йæ иуæй-иу хицæн хуызты зарæг кæрæй-кæронмæ дæр у/, Будзи æмæ Аслæнбеджы ныхас кæрæдзиимæ—’кæдæм фæцæ- уой, Чи разындзæн Уæлладжыры комы ахæм æмæ сæ чи бауа- зæг кæна, Афтæмæй зарæджы æндæр хуызты та цыбырæй загъд æрцæуы, цæмæй Стыр Мызурмæ ацæуой æмæ Зæнджиатæм бацагурой сæхицæн сæрфæцæвæн. Йæ ахадыпдзинадмæ гæсгæ бæлвырддæр хъуамæ уаид> за- рæгæн йæ фыццаг хай — Будзи æмæ Аслæнбег абырæг ’ кæй æмæ цæй тыххæй алыгъдысты, уый. Фæлæ хъуыддаг афтæ мæ рауади, уьшæн æмæ зарæг дæр куы зарыдысты, Бæтæйы фырт- ты ’ хабæрттæ дæр уæд кодтой таурæгъты. Афтæмæй зарæгæн йæ мидис чи иæ зыдта, ахæм адæм стæм уыд. Хъæбатыртыл зарджытæ арæхдæр арæзтой Ныхасы. Ацы зарæгмæ куы æркæсæм, уæд зын бамбарæн нæу, дыууæ раны арæзт кæй æрцыди, уый. Дыууæ номы — «Аслæнбеджы зарæг» æмæ; «Бæтæйы фырт’ты зарæг» — дæр ын дзæгъæлы нæй. Фыццаг зарæг сарæзтой Мызуры Ныхасы, дыккаг та скодта, сæ райгуырæн хъæу Хъобаны зарæггæнджыты къорд. Фыццаджы хицæнгонд цæуынц дыууæ фарсты. Иу: сæхиуæт- ты ’хсæн сын цæрæн нæй æмæ сæ фæлидзын хъæуы Уæлладжыр- мæ.:Ома мызуйрæгтæн цауты хъаугъайаг бындур афтæ ахсджиаг- иæу. Æгъгъæд у, иунæг хатт æй куы ской кæнай, уæддæр. Уы- дон æрмæст уый æндавы æмæ æфсымæрты Уæлладжыры чи бауазæг кæпдзæи. Уæдæ ацы зарæджы дæр уымæн ахæм даргъ ныхас цæуы дыууæ æфсымæры ’хсæн уыцы хъуыддаджы фæ- дыл. Дцы зарæджы бæрзонд æвæрд цæуыиц иуæй Мызуры кад, иниæмæй та Зæнджиаты мыггаджы намыс. Историон литературæйы куыд нымад цæуы, афтæмæй Уæл- ладжыры æхсæнад у тæшæ рагондæр æмæ демркратондæр Иры иннæ кæмтты ’хсæп. Кæд фæстæдæр Уæлладжыры^социалон- экономикон ’царды æрцыди дзæвгар ивддзинæдтæ, кæд алы мыг- гæгтæй чи кæд.æмæ кæцæй рацыд, уый фæдыл дæр-иу рауади быцæуаг ныхæстæ, уæддæр ам хицæн мыггæгтæй иннæтæм гæс- гæ уæлдæр æвæрд ничи цыди. , 1 '^Æмæ-иу уæлладжырæгтæ^ уæдмæ Уырысы адмипнстрацийæн Ирыстопы цы алыхуызон комитеттæ фæзыпд, уырдæм:иу исты гæххæтт куы лæвæрдтой, уæд-иу тынг лæмбынæгæй сæ хъус 146 *
дардтой, æппæт мыггæгтæн дæр иухуызон бартæ цæмæй уа, уымæ. Æмæ иу хатт кæддæр, Зæнджиатæ æмæ Сохитæ, сæ мыг- гæгтæ кæм хъулон кодтой иннæ мыггæгтæй, ахæм гæххæтт куы балæвæрдтой, уæд иннæтæ ныффыстой, уыцьрдыууæ мыггаджы сæ фыдæлтæй æнæхъуаджы кæй æппæлынц æмæ афтæмæй сæхи кæй стауыпц ин’нæ мызурæгты астæу, зæгъгæ. Фæлæсæ зарæг скæнын та чи нæ уагъта. Æрмæст ам дæр хъусдард цыди, Зæнджиатæ сæхи мыггагыл размæ куыд нæ рахæцой, уымæ.- «Уæд та цы зæгъдзынæ Мызуры цæрæг Зæн- джиатæй?» — фæрсы Будзи Аслæнбеджы, «Йе, мæ хур Будзи. Зæнджиаты стыр мыггагмæ бафысым кæпдзыстæм. Стыр Мы- зур æфсарм, æгъдауджыи хъæу у, бахъахъæндзысты нæ, сæ сæрмæ худинаг не ^рхæсдзысты»,— дзуапп ын дæтты Аслæнбег. Æмæ.ома уымæй хорз нæу Зæнджиаты мыггаг, хъæздыг кæй у. Хорз(уьшæй у, тыхджьш æмæ уæздан кæй у. Иннæмæй та, адæмæн сæ мæгуыр се ’гуыдзæгыл дзурæг кæй у, уый дæр тынг бæстон-бæлвырдæй æвдыст цæуы зарæджы, ома мæгуырæнг искæй бавæрын-бахъахъæнын дæр йæ бон нæу. Адæм дих цæуынц дыууæ хайыл. Сæ 4иу хай — мæгуыр, зивæг, кæрæф, суанг ма кæм, цæрынц, уый дæр нæ бæззы абырджыты ,бауазæг ’кæнынмæ. Ноджы ма мыггаг кæрæдзийыл дæр хæст нæу. Иинæрдыгæй та — тых дæр, уæздандзинад дæр, хорз зæр- дæйы уаг дæр. Афтæмæй рауади æмбисонды адаг, се ’хсæн: мæгуыр чи у, уымæн йæ бон нæу абырджыты бауазæг кæпып. Æмæ канд мæ- гуыр нæ —æнæуæздаи чи у, магуса чи у, зыд æмæ кæрæф чи у, кæрæдзийы хъæр чи не ’мбары, уыдоны боп дæр пæу уыцы уæздан хъуыддаг бакæнын. Ам мызуйрæгтæ сæхи кой хæрз гыццыл кæнынц. Фæлæ иннæты кой кæм цæуы, радыгай сын цы азым-фидистæ кæнынц, уымæй сæхи бæрзондæй-бæрзонддæр исынц, уымæн æмæ иугæр абырджытæ сразæигард сты Мызур- мæ фæцæуынмæ, уæд Мызур хызт сты уыцы фидисы уавæрæй. Уыцы хуызы зарæджы æвдыст цыдысты Уæлладжыры æх- сæнады миддунейы ивддзинæдтæ суанг 19 æнусы æмбисмæ, ома тыхджын -чи у, уæздап чи у, уыцы мыггæгтæ удыхъæдæй дæр сты сыгъдæгдæр, зæгъгæ. Уæлладжыргомы этно-лингвистон сæрмагонд балцыты æр- мæджытæм гæсгæ Аслæнбеджы зарæг, куыд арæх æй зарыпц, уымæ гæсгæ ахсы фыццаг бынат. Зарæг зарыдысты æппæт ’хъæуты дæр. Суанг ма зарæджы сæ хорзы кой.кæмæи нæ цыди, уыцы1 хъæуты дæр. Æцæг:иу зарæггæнджытæ сæ хъæу, сæ мыг- гаджы кой ’æвзæрырдæм кæм уыди, уыцы бынат аппæрстой, стæй абырджыты цы мыггаг бауазæг кодта, уымæй та æппæл- г’æ нæ кодтой, йæ иом-иу цы загътой, æпдæр. Афтæмæи иуварс- 10* 147
гонд цыдп, зарæг мыггæгты цьпкъордтыл дшгкодта, уыцы фæтк, ома нал дæр хъæздыджытæ, нал дæр; уæздæттæ, нал дæр мæ- гуыртæ, нал дæр кæрæфтæ. Уыцы хъуыддагæн хорз æвдисæн ’ у, зарæг Уыналы хъæуы Цæллагты зарæггæнæг куыд азарыд," уый. Кæд æмæ дзы афтæзагъд ис: «Уæ, нæ нæ бахъахъæндзы- сты Цæллагтæ дæр, уыдон сæрак дзабыр мцдчъил дарынц», уæд уынайлаг зарæджы та загъд цæуы: «Нæй,( Будзи, нæй, уы- доиыл дæр мæ зæрдæ" нæ дарын.’Цæллагтæ сты хъал мыггаг, еæракдзабырдарæг æмæ фæдисы дардмæ нæ фæцæудзысты». ’ Афтæ ивд цыдысты æндæр рæнхъытæ дæр. Зæгъæм, Мызур ’ æмæ Зæн’джиаты тыххæй, Мызуры цы зарæг скодтой, уым загъд ис: «Ие ’мæ хур, Будзи, Зæпджиаты мыггагмæ бафысым кæн-, дзыстæм. Стыр Мызур æфсарм, æгъдауджын хъæу у — бахъа- хъæпдзысты нæ, сæ сæрмæ худинаг не ’рхæсдзысты». Уый.бæ- сты базарынц: «Фæстагмæ бафысым кодтой Зæнджиаты кæрты, Стыр ’Мызуры». Бæтæйы фыртты зарджытæй Тæгиатæ кæй. скодтой, уыдон дæр дих кæнынц дыууæ къордыл. Фыццаджыдæр Аслæнбег æв- дыст .цæуы æппæрццæг хъайтарæй. Уыцы зарджыты Тæгиаты уæздæтты дунембарынад æвдыст’ цæуы. Дьгккаг къо’рды та Бу- дзи æмæ Аслæпбеджы .æвдисынц, цы сты, уымæй аивдæрæй. Уыйг та дзурæг у кæвдæсæрдтæ æмæ фæрсаглæгты мидх^уы- дыйыл. Æвæццæгæн, ацы" зарæджы æппæты фыццаг вариант ныффыста А. Шегрен, йæ ном, ирои зарæг, зæгъгæ, афтæмæй. Ам иннæ зарджытæй уæлдай æвдыст æрцыд зарæджы æртык- }каг хай—Аслæнбег Айдаболы-фырты къухæй куыд фæмард, уый. Дслæнбег дзы æвдыст цæуы фауинаг- хъайтарæй^ уымæи æмæ : йæ кæд кадæггæнæг хъæбатыр хоны, уæддæр уый у, фыдæлты ардбахæрд чи фæсайдта, ахæм ,лæг. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ хæххон æгъдаумæ гæсгæ фыццаг æхсты бар хауди фæди-^ сонмæ, йæ фос кæмæи ратйрдæуыди, уымæ. Фæлæ Аслæнбег уыцц æгъдауы сæрты ахызт. Æмæ йæ Айдаболььфыр? куы фех- ста, уæд Аслæнбег æрхауд æмæ ма загъта: «О Хуыцау, дæ^ард дын фæсайдтоп æмæ мæ баййæфтай». Уæлладжыры цы зарæг фыст æрцыд, уымта уьщы æгъдау фехæлдта Айдаболы-фырт, Аслæнбег нæ, фæлæ — ома, йæ дзырд фæсайдта. , Уæвæн ис; æмæ Шегреиы фыст зарæг уæздæтты конд у. . Бæтæйы фыртты хабæрттæ адæмы зæрдæйы куыдæй базза- дысты, афтæмæй Аслæнбег уыд хъæбатыр лæг. Æмбалты Цоц- ко цы таураегъ ныффыста, уым аргъгонд цæуы уæздан Бæтæ- йæн йæхицæп дæр æмæ йæч кæвдæсард фырттæн дæр. > «Аслæпбег уыди Бæтæйы фырт Алыккатæй. Бæтæ уыдис фыдцъылыз, цæгæрсæр. Ие ’рвадæлтæ йын æрхастой’Цæлойты чызджы фæрсаг мыггагæй. Бæтæйæн Цæлонæй райгуырд дыу- 148 ’ ’ , •<
уæ фырты: Аслæпбег æмæ Будзи. Рæзып райдыдтой. Уалыимæ Бæтæ амард. Аслæнбег æмæ Будзи адæмы астæу уыдысты тынг сæрæн. Аслæнбег ахæм лæг сси, æмæ лæджы хъарутæй се ’ппæ- тæй дæр уыди æххæст: уæ зондæй, уæ æгъдауæй, уæ хъæбатыр- дзинадæй, уæ арæхстæй. Будзи та-иу иуæй-иу хатт фæуæлахиз Аслæнбегыл дæр...» ; Хабæрттæ куыд амоиынц, афтæмæй Бæтæйы фырттæн се ’фсарм бар нæ лæвæрдта, цæмæй Хъаныхъуаты Тъæрæсæн йе ’фхæрд иыххатыр кодтаиккой. Тъæрæс , кæд уæздæттæй уыд^ уæддæр ’ыл зарæджы пæ бацауæрстой, æгады номæй йæ схуыд- тои «хъуынджынхъус Тъæрæс». Хъуыддаг афтæ рауад, ’ æмæ Тлаттаты (Алыккаты) Бæтæ куы амард, уæд ын йæ момылус Цæлопы радтой Хъаныхъуаты Тъæраасæи, уымæн дæр та номы* лусæн. Афуæм’æй та, фыдæлтæй цы æгъдау баззад, уымæ гæс- гæ иугæр номылусæн йæ лæг амард, уæд хъуамæ йæ цотимæ ссæрибар уыдаид. Хъаныхъуаты Тъæрæсы хæдзары уæззау уа- вæрты бахауд* Цæлон. Лæппутæ мæсты кодтой, фæлæ сæ сæ мадурæдта. Цæлон куы амард, уæд ын Будзи æмæ Аслæнбег кады кæндтытæ фæкодтой. Тъæрæсы зæрдæмæ уый нæ фæцыд — нрмылусæн ахæмхистытæ нæ чындæуыд æмæ загъта: «Ацы бæгæныйæ фыццаг хъуамæ мæ бæх бануаза». Афтæмæй бæгæ- ны хынджылæггаг сси. Гъе уый уыди хъаугъайы бындур.. |,'Тъæрæсы митæм абоны цæстæй дæр куы акæсæм, уæд дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ^ныббаринаг не сты, фæлæ мах хъуамæ ма рох кæнæм, Тъæрæс уæздæттæй кæй уыд, уый. Номылусæп та ахæм стыр хист кæнын не ’мбæлди. Ныр хъуыддагмæ уыцыр- дыгæй куы æркæсæм, уæд Тъæрæс дæр уыйбæрц аххосджын нæу. Цы æбуалгъ ми бакодта, уымæй йе ’хсæнады царды æууæл- тæ’иæ хæлдта. Фидардæр сæ кодта. Æмæ Бæтæйы фыртты лæ- джы хъару æмæ æхсарæн уыди стыр æхсæнадон ахадындзинад. Зарæг Тæгиатæ куыд зарынц, афтæмæй та Аслæнбег æвдыст цæуы^ мæнгардæй, фыдæлтыккон æгъдæуттæ халæгæй. - Фæлæ’ зарæджы Тæгиаты фæллойгæнджыты бартыл дзырд ’кæмцыди, уым Будзи æмæ Аслæнбег æвдыст цыдысты æцæг хъæбатыртæй, кæвдæсæрдтæ уæвгæйæ уыдысты уæздæттæй уæз- дандæр, хъæбатырдæр æмæ адæмæш уарзондæр. Ам ма зæгъын хъæуы уый, æмæ дзырд «уæздан» хаттæй- ■•хатт йæ бынаты нæ абады. Хъуыддаг уьгй мидæг ис, æмæ раз- дæр" уыцы дзырд хауди æнæхъæн мыггагмæ, æхсæнадмæ — уыди уæздан мыггæгтæ, уæздан æхсæнадтæ. Ома уæд "уæздан уыди социалои мидисхæссæг дзырд. Бзарты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй Уæлладжыр æмæ Тæгиатæ дзырд «уæздан» æмхуызон не ’мбæрстой. Уæлладжы- ры уæздан хуыдтой, сæхи Ос-Бæгъатыр æмæ уый цотыл чи ны- 149
мадта, уыдопы. Тæгиатæ та уæздæттыЛ нымадтой, царды къæп- хæнты уæлдæр чи лæууыди, уыдоны. Æмæ уыдон уыдысты бæл- вырд мыггæгтæ, æвзæрст мыггæгтæ. "" Уæлладжыргомы уæздан æмæ æгъдауджын иу хъуыдыхæс- сæг дзырдтæ не сты. Уæздан у ооциалон характеристикæ хæс- сæг, æгъдау та — этйкон. Тæгиатæ тынг бахæстæг сты, ацы дыууæ дзырды цы хъуыды хæссынц, уыдон, ома, уæздан чи у, ’ æгъдауджын дæр хъуамæ уый уа. Уæдæ æнæгъдау уæздан лæг куыд хъуамæ уа уæздан! 1932 азы Садоиы зарæджы цы ног вариант ныффыстæуыд, уый амоны, зæгъгæ, лæппутæ кæм æр’фысым кæной, ахæм бы- пат агуырдтой, кæмтты цæрджытæй чи куыд æмæ цас уæздан- дæр у, уымæ гæсгæ. Зарæджы ныхæстæм гæсгæ уæд Куыртта- ты æхсæнады фæзын-фæзын байдыдтой рагфеодализмы иуæй- иу миниуджытæ. Зарæджы афтæ зардæуы: «Куырттатæ фыдæй уæздан не сты, кæнгæ уæздан сты». Уæдæ Дыгургомыл дæр сæ къух ауыгътой Будзи æмæ Аслæибег, уымæн æмæ Дыгуры уæз- дæттæ сæхн Бадилаты дæлбар бакодтой æмæ ма уыдоиæй цæй уæздæттæ и, зæгъгæ. Сæ сæр сæ бар нæу. Йæ сæр йæхи бар кæмæн пæу, уый мах нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм. Æмæ фæстагмæ равзæрстой Уæлладжыргом. «Цом, цом, уар- тæ нæ равзæрды бæстæмæ, мад-фыдæй уæзданæй чи баззад, уыдонмæ». Зарæджы Уæлладжыргом у тæхудиаг—ам адæм рагæй фæстæмæ дæр сты æмсæр, æмбар. Хъуыддаг афтæ уайы, цыма Уæлладжырæгтæ иинæ æхсæнадтæй раздæр бамбæрстой, дзырд «уæздандзинад»-ы æндæр хъуыды кæй фæзынд, уый! Æмæ уыцы ног фæзилæн дзырды мидисы æргом кæны Тæгиаты æмбисæнд- ты. «Кæд уæздан лæг дæ, уæд-ма дæ мæсыджы бындур рав- дис». «Уæздан йæ дзырдыл дыууæ нæ зæгъы». «Уæздан лæгыл гæдыныхас нæ фидауы»/«Уæздан лæг мæсты нæ кæны»... Дзырд «уæздап»-ы фарсмæ ирон æвзаджы фыдæй-фыртмæ уыдие æмæ ис дзырд «уæздандзинад». Уый дæр нысан -кæны уæзданæй, æфсарм-æгъдауджынæй цæрын’— адæмы пымайын, адæмæн аргъ кæнын, фæдисы ацæуыи, зиумæ рацæуын æмæ афтæ дарддæр. Мæнæ куыд æргом кæны уыцы д’зырды хъуыды Хъаныхъуаты Инал йæ этнографион очерк «Ирон хъæу»-ы/ Уый хъайтар Данелы ’тыххæй дзургæйæ афтæ фыссы: «Данел алкæй дæр хъуыди хъæубæсты. Хъæумæ æрцыди кадджын уа- зæг — Данел лæггадгæнæг. Уый хорз зоны уæздандзинад æмæ тынг арæхсы, уазæгæи æгъдау скæна, уымæ, суанг далæ Биас- ланты æлдæрттæй куы уа, уæддæр. Кæм нæ балæууы, кæм нæ \ бакæиы йæ лæггады хай, æмæ сахуыр и. Æмæ тынг буц у йæхц- 150
цæй, уæздапдзииад кæй зоиы, уымæй æмæ дзы арæх æппæлгæ дæр ракæны». . ; Ирæттæ уæздандзинад æмæ лæгдзииадмæ’ цы цæстæй кас- тысты, уый чысыл æндæр хуызы хорз зыны «Чермены зарæ- джы» дæр*— 19 æнусы фыццаг цыплæрæм хай. Чермен уыди Тлаттаты Бестолы кæвдæсард. Бестол куы амард, уæд Чермен йæ мадимæ цæргæйæ баззад уыцы кæрты, Бестолæл „йе ’мкад усæй цот кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Уæдьгккæттæй куыд баззад, афтæм&й Чермен уыд æнахуыр тыхджын æмæ æхсарджын лæп-' пу, мæнæ фæйнæгфарс кæй фæхонынц, ахæм. Ахæм æвдисæн- дартæ дæр баззад, цыма йыл йæ удæгасæй дæр зарджытæ скод- той. Фæткæвæрд афтæ уыд, æмæ-иу кæвдæсардæн фыд куы Иал уыд, уæд-иу ын рахицæн кодтой зæххы хай, стæй-иу< йæ фос дæр æхсæны сæрвæттæм тæрын райдыдта. Черменæн зæхх хъуамæ рахицæн кодтаид мыггаг, ома Тлаттатæ. Уымæй дард- дæр, кæд уæды онг сæрвæттæ æмæ фосхизæнтæ иумæйаг уыды- сты, уæд ныр уæрст æрцыдысты. Уæрст та æрцыдысты, Чермен балцы куы уыди, уыцы рæстæджы, ома феодалон ахастдзинæд- тæ зынын байдыдтой — мыггагæи иумæйаг цы уыди уæды опг, уый ныр уæрст æрцыд хæдзаргай. Чермен æрыздæхы, йæ ма- дæй хабар фехъусы, мæсты кæны. Æмæ уæд Тлаттаты уæздæт- тæ бауынаффæ кæнынц: «Радих ын’ кæнæм зæхх, стæй йæ ама- рæм ,æмæ йæ зæхх дæр нæхи бауыдзæн, йæхицæй дæр ын фер- вæздзыстæм». Кæнгæ дæр ба’кодтои раст афтæ. Аслæнбеджы зарæгау Чермены зарæгæн дæр уыд цалдæр хуызы, фæлæ нщр уыцы хицæндзинæдтæ уыдысты сыгъдæг му- зьгкалон, ома сæ тексттæ ницы хъ’ауджыдæр кодтой, æрмæст, зарæг зарыдысты иу-цалдæр мотивыл. Ирон национ профес- сионалон зарæджы бындурæвæрæг Галаты Барис йæ чиныг «Ирон адæмон .зарджытæ», зæгъгæ, уым æрхаста Чермены за- рæджы æртæ ’варианты — уæлладжыраг, куырттатаг æмæ хъо- байнаг — сæ тексттæ" кæнæ хæрз гыццыл аивтой, кæнæ та æп- пындæр нæ аивтой. Куыд дзурынц, атæмæй.дам Чермены зарæг раздæр скодтой Хъобаны нæ, фæлæ Дæргъæвсы. Зарæггæнæг Хъалæгаты Иналы (?)зарæг кæй>зардмæ гæсгæ ныффыстой, уый . дам-иу æдзух хъаст кодта::«Бирæ дзырдтæ дзы нæй, нæ йæ уагътой Тæгиаты æлдæрттæ зарын». Абайты’Васо куыд фыссы, афтæмæй дзырдæн йæ хъуыды æрмæст цы нысан кæны, уымæй аразгæ нæу, фæлæ ма у, йæ ныхмæ цы хъуыды æрлæууы, уымæй аразгæ дæр. Тæгиатæм уæды дуджы уæздан лæгæн йæ ком’коммæ æвæрд хъуыды уыди кæвдæсард. Уæдмæ кæвдæсард æрмæст социалон. æбардзинад нал æвдыста, фæлæ ма дзурæг уыд, адæймаджы æгуыдзæгыл, 151
йæ уды мæгуырыл. Иу ныхасæй, уыцы дзырд сси фидиссаг, Но- ^джы ма йæ фарсмæ фæзыиди æндæр дзырд дæр — фыдмыггаг. Зарджытæй иуы Черменмæ йæ;мад афтæ бадзуры: сæрвæт бай- уæрстой, фæлæ дæуæи, фыдмыггагæн, хай нæ бакодтой. Чермены зарæг йæ арæзтмæ гæсгæ фæдихгæнæн ис æртæ хайыл: • ’ . - 1. Чермен бынаты нæ уыд, афтæмæй Тлаттат^е зæххытæ бай- уæрстой. ’ . ; .. 2. Чермен фехъуыста хабæрттæ—зæххытæй йын кæвдæсарды хай, сæрвæттæй та — æнæхай.- Чермен æртхъирæн кæны. 3. Черменыл хипæй рацыдысты, афтæмæй йæ амардтой. Алы хайæн дæр дзы ис оппозици: Чермен æмæ уæздæттæ. Ноджы растдæр зæгъгæйæ та афтæ: кæвдæсард Чермен æмæ Тлаттаты уæздæттæ, кæнæ сау лæг Чермен æмæ уæздантуг Тлаттатæ. ’ ’( Æркæсæм зарæгмæ дæр,,стæй зарæг цы хабары фæдыл скодтой, уымæн йæхимæ дæр æмæ сæ равзарæм хайгай: Чермен уыди хæтæиы. . '.' Уæды рæстæджы барæнтæй баргæйæ, уый уыдкады хъуыд- даг: хæтæны цыдысты хъæбатыр æмæ ныфсхаст адæм. Тлаттатæ уарынц зæхх. Чермен хæтæны кæй ис, Хъобаны кæй нæй, уымæй фæпайда кодтой — нæу сьгн сæрмæ хæссинаг. Æркæсæм, куыд нымад цæуы уæздандзинад, уымæ. Æнæуæз- да1г Чермен исхæтынмæ, у ныфсхаст æмæ хъæбатыр. Уæ’здан Тлатт’атæ хип æмæ кæлæпæй архайынц зæхх байуарыныл, ца- лынмæ Чермен хæтæны ис, уæдмæ. ч Афтæ нæ уайы, цыма уæздандзинад æмæ æнæуæздандзинад сæ бынæттæ ивынмæ хъавынц? - Дарддæр: Чермен базыдта хабар æмæ тохы фæндагыл ныл- лæууыд. Æмæ та уынæм: æиæуæздан лæг цæуы æргом, агуры æргом тох. ’ " г У^сздæттæ æргомæй тох кæнын нæ уæндынц йемæ. Ныллæу-" уыдысты хнн фæндыл: радтæм ын зæхх, стæй йæ.амарæм. ■ Чермеы сразы хæтæны цæуыныл уæздæттимæ. Афтæмæй йепæуæздан у æууæндаг. Уæздæттæ Черменыл хинæй рацыды- сты æмæ йæ амардтой. Афтæмæй уæздæттæ сты хæрамхæссæг, фыдадæм. — , ’ Æртæ хайы дæр куы равзæрстам, уæд сбæрæг и: æнæуæздан разыпд æхсарджын, . хъæбатыр, цæсгомджын, æууæнкджын. Уæздæттæ сты хинæйдзаг æмæ хæрамгæнæг. Уыимæ зарæгараз- джытæ афтæ æвдисынц хъуыддаг æмæ æпæуæздан митæ иууыл- дæр хауынц уæздан лæгтæн се ’ппæтмæ дæр, уæздан митæ та хауыпц, зарæг кæуыл кодтой, уымæн æрмæстдæр йæхимæ. Æр- 152
мæст та ам дæр, Бæтæйы ф,ыртты зарæджы куыд уыди, афт& æгъдæуттæ халæг уæздæттæ не сты, фæлæ Чермен йæхæдæг у.< Уый йæ разы кæиы йæ кæвдæсарды уавæрыл, æмæ фыдбылыз- тæ расайы. Чермен сæ дæлбар кæй у, уымæ гæсгæ йемæ стох кæной, куыд се ’мсæр, уый дæр уæздæттæ сæ сæрмæ нæ хæс- сынц.’’Æмæ йæ маргæ дæр ахæм æгад хуызы уымæн акæнынц. Чёрмены зарæджы æвдыст æрцыд ирæтты тох, Тæгиатæ уæздапдзинад куыд æмбæрстой, уыимæ. Æмбаргæ та йæ раст нæ кодтой. Тæгиатæн сæ мæгуырдæр цæрæг уæздæттæ афтæ ны- мадтой’, цыма фыдæх æмæ хин митæ дæр уæздан лæджы миниу- джытæй ,сты. Ноджы Тæгиатæ’ Куырттатыл дæр’ æмæ Уæлла- джырыл дæр сæхи уæлæхох кæй кодтой, уымæ гæсгæ сæ тæфаг хæццæ кодта уыдонмæ дæр. Æмæ уыдон дæр, ома Куырттатæ æмæ Уæлладжыр, кæд сæхæдæг дæр кæнгæ афтæ кодтой, уæд- дæр сæ архайд ууыл уыди,' цæмæй Тæгиаты ’уыцы миниуджытæ, ома хин æмæ кæлæнæй архайын, иокæмæ фыдæх хæссын, адæ- мы цæсты бафтыдаиккой. Уыцы хъуыддаг Куырттаты къухы бафтыд «Бадилаты зарæг», зæгъгæ, уым. Мæнæ дзы цы хуызæ- нæй æвдисынц Тæгиаты: «Бадилатæ ныффæнд кæнынц, Фос кæнынмæ фæцæуынц, Иемае сын уæд фæзæгъынц: —Тæгиатæм ма фæцæут, Фæлмæн зæрдæ бæргæ сты. Разæй дæм худгæ кæндзысты, Фæсте та дын де счъилы нуæрттæм хъавдзысты». ч, Ацы зарæгмæ, ома «Бадилаты зарæгмæ» дарддæр(куы ’ркæ- сæм, :уæд дзы рахатдзыстæм иу миниуæг. Цæвиттон, ам дæр Аслæнбеджы зарæгау лæвæрд цæуы характеристикæтæ Иры кæмттæн:, Тæгиатæн дæр, Куырттатæн дæр, Уæлладжырæн ’ дæр. Æмæ Тæгиаты рагфеодалон æхсæнадмæ чи бахызти, уыдо- нæй æгъатырдæр никæмæн рауад йæ характеристикæ: «Разæй . дæм худгæ кæидзысты, фæсте дын де счъилы нуæрттæм хъав- дзысты». Ам зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, К. Красницкий цы хуызы æвдисы Ирыстоны иуæй-иу кæмтты цæрджыты,. уый. Дзырдæн, Тæгиаты тыххæй фыста: «Тæгиатæ, зæгъæм, уырыси- мæ арæхдæр кæй æмбæлынц, уый руаджы сты иннæтæй фенд- джыидæр. Уыдон сæхиуыл хæцьш фæразьищ, сты æмбæхстзæр- дæ æмæ æрæгмæ базондзыстут, сымах тыххæй цы хъуыды кæ« ныпц, цы фæндтæ сæм сæвзæрди, уый». - Уæлладжыры тыххæй та афтæ фыста: «Уæлладжырæгтæ хиуарзон адæм сты, гыццыл ницæй тыххæй дæр бæстæ сæ сæ- 153
|)ыл сисынц, афтæмæй цæмæн, цæй тыххæй,. ууыл дзæбæх нæ ахъуыды кæаыпц. Сæ пъырыстыфыл бахъаст кæпыиæй хуыз- дæр сын мацы радт, æцæг-иу сæ уый фæстæ (æвæццæгæн-иу сæ куы систой, уый фæстæ) та æппæлгæ кодтой, тыиг хорз лæг дам уыди». Ацы зарджытыл ныхас кæнгæйæ мах сбæлвырд кодтам иу хъуыддаг: феодалон цардмæ тыриæг æхсæнад, кæнæ мыггаг, ног уæздан æгъдæуттæ не ’рхъуыды кæны, ног цардыуаг не сфæлдисы, фæлæ йæ адæммæ, йæ коммæ уæды опг хорзæй цы вæййы, уыдоп йæхи бакæны. Йæхи уæлдæр, уæздандæр цы мыг- гаг хуыдта, уый æрмæст кæвдæсæрдтыл нæ кодта уæлæхох, Уый афтæ æнæрвæссон цæстæй каст, барадон æгъдауæй сæри- бар чи уыд, фæлæ йæ къухы исбон кæмæн нæ уыд, уыдонмæ дæр. Уыдон дæр хуыдтой «сау адæм». Уæздан мыггаг, уæздан лæг сау адæммæ цы цæстæй каст, уый тыххæй бæстон мысииæг- тæ ныууагъта Дзагуырты Гуыбады. Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ зæхкусджыты реформæйы фæстæ Æлдаттаты кæвдæсæрдтæ код- той чындзæхсæв. Уæздæттæ æрæмбырд сты æмæ фынджы сæр куы рабадиккой, ничи сæм бахатыд, афтæмæй. Æппæты уæле булкъон Санаты Дрис, Слонаты Мысост, Бадилон Тугъан æмæ афтæ дарддæр, ома чикуыд уæздандæр уыд, афтæ уæлдæр бадт, æцæг сæ сæ кæрæдзийы ’хсæн хистæр дæр рох нæ уыди. Бынтон диссаг та сæ хъазт уыд. Уæздæттæ иуырдыгæй лæу- уыдысты, сау адæм иннæрдыгæй. Кæд Тæгиан чызг сау адæмæй искæимæ кафыд, уæд дзæгъæл раздæх-баздæх кæнын нæ куымд- та лæппуйæн. Сау адæмæй-иу исчи куы кафыд, уæд уæздæттæ æмдзæгъд нæ кодтой, фæлæ уæздæттæ куы кафыдысты, уæд сау адæм кодтой æмдзæгъд. ’ 1861 азы зæхкусджыты реформæйы фæстæ уæздæттæ цы уавæрмæ æрцыдысты, уый иттæг хорз æвдыст цæуы Хъаныхъуа-- ты Иналы «Ирон хъæу»-ы. Хъысмæт сыл, куыд фæзæгъынц, ахъаззаг фæхудти. Ныр алкæй дæр хъуыди кусын. Тæгиатæ та кусын нæ зыдтой æмæ æдзæллагæй-æдзæллагдæр кодтой. Аф- тæмæй кæвдæсæрдтæ æмæ сау адæмæй та бирæтæ размæ ра- цыдысты, фæзынд сæм фыццаг интеллигенттæ. Нырыккон ирон’ æвзаджы дзырд «уæздан» у этикон катего- ри æмæ нысан кæны адæймагæн канд йе \цдаг хæрзхъæд миниу- д^<ытæ нæ, фæлæ йæ удыхъæды сыгъдæг æмæ рæсугъд мидис. Уымæн, уыцы дзырдæн фесæфт йæ раздæры хъуыды,' æнæхъæн мыггаг кæнæ комбæстæ сæ ныхыл фыстау кæй хастой, уыцы хъуыды. Фæлæ зæгъын хъæуы иу хъуыддаг ацы ран: уыцы уæз- дан мыггæгтæм цы æвзæр миниуджытæ уыди — æхгæд зæрдæ, фыдæх хæссын, хин æмæ кæлæнæй архайын—уыдон семæ баз- задысты сæ удтыл фидар хæстæй. Хъуыддаг афтæ рауад æ^мæ 154
Йры уæздæттæ Уырысимæ баиуы агъоммæ сæхп пвæзтойКæ- сæгмæ, истой пьгсылмон дин, чи йæм куыд æххæст, афтæ. Уæд фæзынд. ног дзырдбæстытæ: «пысылмоныл къæсæрæй^ дуармæ ма баууæнд», «пысылмон гæды митæ» æмæ æпдæртæ. Фæлæ уыдон сæхæдæг дæр сæ дæлдæртæм сæ цæстæнгас нæ аивтой, уый нæ.фæлæ ма сæм знæтдæр фесты ноджы, уый бæрæг уыди сæ ныхæсты: «Сау адæммæ цæй æгъдау ис», «Сау адæмæй цы домыс» æмæ афтæ дарддæр. Куыд обæлвырд кодтам цыбырæй, афтæмæй уæздандзинад ■ æмæ лæгдзинад 19 æ’нусы ирон æхсæнадтæ иухуызон не ’мбæрс- той, Уыцы æнус та уыд тохы æнус, ахæм тохы, æмæ уæздан- дзинад æмæ лæгдзинад цæмæй мыггаггай æмæ комгай нал уы- даиккой, фæлæ цæмæй алы лæг дæр æвдыстаид йæхи уæздан- дзинад æмæ лæгдзинад. ХУДЫНДЗÆГ «МУСТЫЗДÆХЫ — МÆ УИДАГ»... Дзасохты Музафер, Малиты Васо æмæ æз уыдыстæм Ва- сойы райгуырæн хъæу Мустыздæхы. «Куд ма иæмæ фæрæдуд- тæ?» — цинтæ кодтой Васойыл йæ кæддæры сыхæгтæ. Васо сын сæрыстырæй дзуапп радта: «Мæ уедаг ами ес, ами!» Æз ын йæ хъуыды дарддæр ахæццæ кодтоп: < Мустыздæхы — мæ уидаг, Дзæуджыхъæуы — мæ уидыг. 155
«ÆРРАТÆ РАЛИДЗДЗЫСТЫ»... Поэт Хъ. Г. кæдæм бафты, уырдыгæй рахæссы чиигуытæ, кърандæстæ кæиæ æндæр исты — йæ къухы цьГбафты, уый. Иу- ахæмы уазæгуаты уыдысты нæ фысджытæ. Хъ. Г. фынгæй фæт- къуытæ систа æмæ сæ йæ дзыппыты нывæрдта. Ходы Камалæн уый хъыг уыд æмæйыл дыккаг бон йæ пырх акалдта: ’ — Г., мауал нæ ’худинаг кæн! Кæд ма.дæ æррадонмæ барви- тæм, æндæр ма дыи цы бакæиæм, нæ зонын!.. — Ма мæ барвит æррадонмæ, æрратæ ралидздзысты, X.— сæ разæй! — ныхас хъазьгпмæ аздæхта Г. «АДÆМОНПОЭТÆН» Рæдау у æрдз йæ хорзæхтыл къæбийау, Ис, а дунейы фарн^æмæ æгъдау: поэты ном... Дæуæн æй радта хицау, мæнæн — Хуыцау. ’ 1983 Кадылмард у Хъилаты Дæхци: орденыл æрцауыгъта йæхи. 1985 ТЫЛАТТ Тот самый человек пустой, Кто весь наполнен сам собой. М. Лермонто! Йæхи йæхæдæг бакодта Тылатт Æмæ йæм нал ис иннæтæн бынат. 1993 Сидæмонты Æ. 156
ФЫСТÆГ РЕДАКЦИМÆ Ацы фыстæгыл бирæ фæсагъæс кодтон. Иуæй уымæн æмæ, куыд бам- бæрстон, афтæмæй Мамсыраты Мурат цынæ чъизидзинад бакæндзæп, ахæ- мæй,„ æвæццæгæн ницы ис; пннæмæй та уып хуызæн цъыфкалæн митæн дзуаппдæттын сæрмæ хæссинаг дæр нæу, Фæлæ мæ дзæбæх чи зоны, уыдо- нæй мын чидæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, дам уæддæр уыцы цъаммар митæ æнæ дзуаппæй ныууадзгæ не сты. Ахæммæ дам баст хæрæг дæр нæ фæлæудзæн. Æз семæ сразы дæ’н. ...Коцойты Арсены радзырды ’хъайтар Хъæвдын йæ маст райсыиы тых- дæй фынддæс азы фенхъæлмæ касти, Мамсыраты Мурат уыцы рекорд скъуырдта æмæ йæ мастисæн бонмæ фенхъæлмæ каст æхсæз æмæ ссæдз азы. Цæвиттон, йæ сæры хилтæ ма сау-сауид куы уыдысты, йæ гуыбын та æлвæстдæр, уæд куыста телеуынынады æмæ радиойы комитеты уацхæссæгæй. Республикæйы районтæм ацæуыиы бæсты зылди горæты уынгты æмæ афтæ- мæй æмбырд кодта хабæрттæ. Хъуыды ма кæнын: иу хатт ын йæ «куысты» тыххæй карзæй бауайдзæф кодтон, загътон ын: — , Уæртæ ма Быдыры Дæргъæвсмæ фæцу, де ’рвад Дæбейы хъæумæ æмæ дзы исты хъуыддæгтыл иыффысс. > Уый мын афтæ: — Фатер мын радтут. Æз дæр ын^æргомæй загътон: — Ныр куыд кусыс, афтæмæй мах дæуæн фатер нæ ратдзыстæм. Мæ дзуаппы фæстæ йæхи сбаста, радиойы редактор, раздæр «Рæсгдзи- иады» тæлмацгæнæгæй чи куыста æмæ йе ’мбæлттæй 13 адæймагыл КГБ-мæ хахуыртæ.чи ныффыста, уыцы Токаты Иванимæ. Мæ ныхмæ цæдис сарæз- той æмæ бакодтой уголовоп фыдракæпддзинад. Сæ хъуыддаг куы рахъæр, уæд бамбæрстой, сæ чъизи миты тыххæй сæ дзуапп дæттын кæй бахъæу- дзæн, уый. Мамсыры-фырт нæ комитетæй фæлыгъди, Иван карз æфхæрд æрцыдй партчион æгъдауæй, йæ куыстæй дæр æй сйстам. Сæ сæрылхæцæг Тотыраты Абхазы бон дæр сын нал баци баххуыс кæнын. Уый-уыди 1967 азы, Уæдæй абоны онг Мамсыры-фырт мæнмæ «уайсадгæ» кæны, фæскъуым- ты та,' дам-думгæнаг сылгоймагау, мæ фыдгой кодта æмæ æнхъæлмæ каст, йæ маст райсьгиы фадат ын кæд фæуыдзæн, уымæ. Æидæраз мæ райгуырды бонмæ «Мах дуджы» цыбыргоидæй цы мыси- нæгтæ ныммыхуыр кодтоп, уым æруагътоп цалдæр æиæрхъуыдьГ рæдыды. ’4*' . 157
1991—92 азты афæдзы бæрц уæззау сæйгæ уыдтæн, Уый фæдыл рынчындо- ны дæр фондз мæйы фæдæн æмæ мын фадат нал фæци мæ къухфыстмæ, стæй та корректурæмæ лæмбынæг æркæсынæн. «Мах дуджы» сæ чи каст, уыдон дæр къæрцхъусдæр нæ разындысты. Æмæ ныр уыцы рæдыдтытæй фæпайда кодт’а æмæ мыл уæззау рынчынæй гуыффæйы дзаг Цъыф æрба- калдта журналы фароны æртыккаг номыры. Цы нæ мыл æрæмысыд, ахæ- мæй йæ фæлитой сæры, æвæццæгæн, ницыуал баззад. Аххосджын мæ кæны, хæсты кæй нæ уыдтæн, уый тыххæй. Уыимæ мын æфсæддон комиссарады медицинон къамис фидарæй афтæ кæй загъта, дæуæн1 хæстмæ цæуæн нæй, зæгъгæ, уый дæр Мамсыры-фыртмæ кæсы хуымæтæджы æфсоны хуызæн, æмæ мын дæнцæгтæ хæссы Маресьев æмæ иннæтæй. Уæд базæронд у æмæсахъат рæуджыты æмæ цæнкуыл къæхты æхсæн цы хъау- джыдæр ис, уый ма æмбар. Парти.занты къордмæ дæр куырдтон нæ райко- мы секретарь Бтемыраты Иванæй, фæлæ мæ нæ ныууагъта, лæгдыхæй мæ хохмæ арв.ыста. Уæдæ «Рæстдзинады» тыххæй ныхас цæй фæдыл рауад æмæ кæй фæ- дыл, уыцы лæджы кой дæр нæ кæны Мамсыры-фырт, Уый дæр та уыди’ Токаты Иван. Мыстулаты Дзантемыры та рахуыдта энциклопедист. XIX æнусы хуыздæр роман «Воскресение» чи нæ каст æмæ цы хуыйны, уый дæр чи нæ зыдта, уый йын энциклопедист фестад. Уырыссагау хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Для мышки сильнее кошки зверя нет». Æмæ, уæвгæ, уацмысы архайæджы ныхас æмæ авторы ныхасы æхсæн цы хицæндзинад ис, уый чи не ’мбары, - уымæй цы бадомдæуа? Афтæмæй мын чингуыты рауагъдады редактор уыди, суанг ма иу замаиы сæйраг ре2 дакторы бынат дæр бацахста. х ( Мамсыры-фырт, дæлдæр цы ныхæстæ зæгъдзынæн, уыдон дæ разы мæхи Ъраст кæныны гыххæй нæ дзурын. Хуыцау адæймаджы бахизæд ахæм б^æл- лæхæй. Уыдон загъд сты «Мах дуджы» кæсджытæн. Йæ рæстæджы Тегераны конфсренцийы тыххæй официалон æрмæгæй уæлæмæ бакастæн сæрмагонд чиныг, ноджы ма Коноваловы роман «Истокй» æмæ Рузвельты фырт Эллиоты уацмыс. Фæстагмæ ма, 1990 азы, уыцьг кон- ференцийы тыххæй бакастæн Федор Волковы чиныджы «Тайная становится явным». Уæдæ 22 июны бæсты, 23 кæй хъуыд, уый æрмæст Мураты хуызæн «алцызонæг» нæ, фæлæ сывæллæттæ дæр бамбардзысты. А. К. Толстойы пьесæ «Царь Федор Иоаннович»-мæ гæсгæ_ арæзт спек- таклæй райдыдта йе сфæлдыстадон фæндаг Мæскуыйы Аивадон театрæн. Уый дæр æз зыдтон, Мурат ма уынгты къæцæлæй бæхыл куы ратæх-бат’æх кодта, уæд. Мæнæ уый та Жемчужниковты тыххæй: «Жемчужников, Владимир, Ми- - хайлович (1830—84) — русский поэт; автор сатирич. стихов... Вместе со сврим братом А. .М. Жемчужниковым и • А. К. Толстым был участником группы поэтов, выступавших под псевдонимом Козьма Прутков».— БСЭ, т. 16, ф. 56. * 158
Жемчужниковтæн се ’ртыккаг æфсымæр та уыди нывгæнæг. Æмæ мый цы нæ фыссы, цæмæй мæ нæ зылын кæны Мамсыры-фырт! Алагиры дам 30 адæймаджы куы бабын кодтой фашисттæ, уæд дам дæ бинонты цæуылнæ амардтой? Æмæ цу, уый тыххæй фашисттæн сæхи бафæрс. Ленин дзæгъæл хуымæтæджы нæ загъта: «Один дурак может задать столько вопросов, что десять умных не ответят». \ , ’ Мæ бинонтæ’ та мард нæ фесты, уымæн, æмæ Алагиры нæ разынд иу ахæм Мурат-дзырдхæссæг. Уæвгæ ма мæ фыд дæр цыппар азы хæсты фæци ,æмæ сæрæгасæй сыздæхт. Дис кæньш, уыцы хабармьш куыд иæ бафидис кодтай, ууыл. Æз цы хъуыддæгтыл дзурын æмæ кæй кой кæнын, уыдоны тыххæй ба- фæрсæн ис^мемæ чи куыста æмæ æз’кæимæ куыстон, ахæмты. Телеуынынады ссæдз азы фæкуыстон æмæ æз уым цас бафыдæбон кодтон æрмæст ирон аивадон æмæ документалон кинотæ сараз’ыныл, уыдон дæр фагæй ’фылдæр сты иу адæймагæн. , Мамсыры-фырт, мæ мысинæпæн, мæ хъуыдытæн галаганы бæрц дæр ницы бамбæрстай, кæнæ та сæ барæй схъомпал, сæмтъеры кодта. Уымæ гæс- гæ дæ иннæ бирæ дзæнгæда æмæ æнæбындур ныхæстæ дзуаппы аккаг нс сты æмæ ’сыл æз пал дзурдзыиæн. Стæй ма иу ныхас: дæ хахуыртæ дын чи ныммыхуыр кодта, уыдоны дæр æмбарын. Ныры дуг сымах хуызæтты дуг у. Æз та мæ цардьг нысантæ, мæ идейон позицитæ ивинаг нæ дæн æмæ сæ нæ аивдзынæн. Стæй ма уæд^иу фарста «Мах дуджы» редактор æмæ бæрнон сскретарь- мæ. Зæгъут-ма, Мамсыры-фырт цы бар дары фысджытæм дæр æмæ сæ жур- налмæ дæр? Кæд йæ æрмæг æцæгдæр уæ зæрдæмæ нæ цыд, уæд æй ред- коллегийы æмбырдмæ цæуылнæ рахастат? Фæлæ æз куыд банкъардтон, аф- тæмæй уын Мамсыры-фырт йæ цъыфкалæн митæй уæ къудитæ аныхта. , Тъе, ахæмтæ стут, господа демократтæ! Афтæмæй та уæхицæй гумани- сттæ аразут æмæ коммунистты адæмы знæгтæ хонут. , -Дыууæ ныхасы ма журналы кæронбæттæны тыххæй. «Мах дугæн» афтæ бамбарæн ис, цыма редакцийы кусджытæ мæиæн цыдæр фиппаннæгтæ скод- той мæ’мысинæгты тыххæй æмæ æз семæ не ’сразы дæн. Уый дæр æргом гæды ныхас у. Хъодзайы-фырт æмæ Гусалы-фырт ма сæ журналы ноджыдæр фыссынц: «Дзырд йæ зæгъæг-ныффыссæгæн дæр нæ бары, комдзог ын рацæуы йæ зондахаст æмæ удыхъæдыл». Адон дæр, æвæццæгæн, сымах мæн тыххæй ныффыстат æмæ уæд дзæгъæл æхст фестут. \ ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег. '"— 29. XII. 93 аз рЕДДКЦИЙÆ. Ацы дзуапп амæй размæйы ныхæстæн сæ къухбæттæн фæстаг ныхас фæуæд. Мамсыраты Мурат цы дзыхы уагæй сдзырдта Æгъуы- зары^фырты мысипæгтыл, уымæй йæхи цæсты кæй æфтауы, уый загътам. Йæ - масты фæндагыл ацыд. Маст та дзы бауагъта, Æхсарбег мæрдты тыххæй / 159
алы < фыдгæйттæ кæй фыссы, уый. Цæвиттон, гоны-дам цы ныдздзурай, уый дæм сдзу^дзæн. -Алы зæроид мæстытæ, фат’ерты-йедты хабæрттæ та Бабуца а^ззарæд. • , / ■ ’ ’ ’ Æхсарбег йæхимæ гæсгæ ’ цалдæр раиы ’ æрмæст , æнæбары фæрæдыд. Хорз, фæуæд’афтæ. Фæлæ’та мæнæ йæ фыстæг дæр’ ’цух нæу алы фидистæ æмæ уайдзæфтæй. ,Æмæ ныр та ’ цавæрдæр гослода демократтæ,1 Токатæ, Тотратæ, Мыстулатæ, Хъодзайы-фырт æмæ Гусалы-фырт сбыцæу уой йемæ? ’ Куыннæ стæй! Исты йæм сдзур, æмæ дæ дæ рагон^ мастисæг’æмæ цъыф- калæг схона.’Йæхæдæг иннæтæй маст дæр нæ исы, стæй сыл кæд исты калы, уæд айдагъ сызгъæринтæ— бафæрсут дам мын. мæ .зонгæты, ме /мгуыстгæн- джыты!..- ’ ’ ’ , Æгъуызары-фыртæн йæхи загъдау, уымæй Хуыцау бахизæд, фæлæ йæм уæддæр æцæ ’иу фарст ратгæ нæй. 1 ’. 1 Фæуæд, нырьг дуг сæрысуангæй нæ бæззы. Æмæ 13-гай адæймæгтыл КГБ-мæ хахуыртæ куы фыстой, ’нæ разагъды фысджыты алы хахуыргæн- джытæ буржуазоц нацйоналисттæ куы хуыдтой æмæ сæ не ’взаргæдæр лæг- тимæ иумæ НКВД сухты цагъд куы кодта, уæд уыцы дуг та кæй хуызæтты- дуг уыд? Иннæмæй та коммунисттæ кæцы сойджын бынат^ суæгъд кодтой барвæпдоиæй дæр æмæ тыхтонайæ дæр демократтæн æмаэ кæм нал сты сæ- хæдæх нард хайуарджытæ? Раст ма адæмон фысджыты нæмттæ дæр абон дæр’ма уарынц—аба-бау —комкоммæ йæ йæхимæ-мачи бамбарæд... , ’ Уæдæмæ ма дзы кæмдæр ирон’æфсарм’дæр ис æмæ уал ацы хатт æгъгъæд фæуæд. 160