ФЫЦЦАГ ХАЙ
II. Цард аразгæйæ у
ДЫККАГ ХАЙ
II. Амонд кæнгæ у
Чиныгкæсджытæм
Бафиппайд рæдыдтæ
Текст
                    МАМСЫРАТЫ ДÆБС
РОМАН
^
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДЛД
ОРДЖОНИКИДЗЕ*1960


Мысын дзы ахуыргæнæг Мамсыраты Залханы ном. Фæмард фыдыбæстæйы хæсты рæстæг. Автор
ФЫЦЦАГ ХАЙ I. АХУЫР ЙÆХИОН ДОМЫ 1 Хуыссы йæ сыгъдæг хуыссæны уæлгоммæ отставкæйы булкъон Сохиты Дæгка. Хуыссы, кæсы цармæ, æмæ дзуры йæхинымæр: — Нал... Дарддæр афтæ цæрæн нал ис, кæннод адæймаг йæхи æгады ранмæ æруадздзæн. Æмæ Дæгка та сыгъдæг, хъæбатырдзинæдтæй æмæ зондджын хъуыддæгтæй хъæздыг биографи йæхицæн уымæн нæ сарæзта æмæ йæ ныр счъизи кæна, фегад æй кæна нозты тыххæй. Стæй уæд хъæугæ дæр цæмæн кæны, хъæугæ? Цымæ ма фæстаг хатт кæм банызтой? Бæройтæм æмæ ма Джизалатæм хуынды цы банызтой, ууыл æй куы ныууагътаиккой, уæд ныр афтæ рыст нæ уаид. Фæ3
лæ дæлбулкъон Гæбæти чысыл куы аназы, уæд ын кæрон скæнын нал фæзоны. Дæгка хуынды уæлдай цыдтытæм разæнгард нæу. Фæлæ нозтæн йæ чысыл дæр, æвæццæгæн, лæмæгъ кæны адæймаджы зонд дæр, уды хъæд дæр: Гæбæти йæм куы бахаты, уæд ма æнæбары мидбылты худт бакæны, цæй уæдæ дæуырдыгонау фæуæд, зæгъгæ, æмæ та йемæ ацæуы. Дысон дæр афтæ зилгæ ацыдысты æмæ кæмыты уыдысты, уыдоныл хъуыды кæны Дæгка. Сæхимæ куыд оербафтыд, уый дзæбæх нал лæууы зæрдыл. Кæд тынг цудыдта? Æвæццæгæн. Уымæн æмæ йæ зæрдыл лæууы, йæ цырыхъхъ куыд фæцæйласта сынтæджы бадгæйæ, афтæ куыд ныццудыдта иу фарсмæ, уый. Цæугæйæ та, ай-гъай, тынгдæр цудыдта æмæ йæ кæд ахæм уавæры адæм федтой, уæд уый мæлæтæй фыддæр у. Æмæ æрмæст дысон нæ. Отставкæйы куы рацыд, уæдæй фæстæмæ афтæ нозтджын арæх вæййы. Ноджыма уымæй фыддæр та уый у, æмæ а фæстаг заман фиппайын райдыдта, зæгъгæ, Гæбæтиимæ сæмбæлди, уæд æй нозт йæхимæ цыма фæласы. Æмæ тарсти. Арæх хъуыды кодта: æгæр раджы рацыдис отставкæйы, йæ хъару ма йæ уæнгты фыцы, зæгьгæ, цæйау акæнынц, уыцы кары. Æфсæддон службæ уарзта Дæгка. Иæ царды фылдæр хай салдæттыты æмæ афицерты æхсæн арвыста ахуырты æмæ хæстыты. Японы имперйалистты провокаци иу дæс æмæ ссæдз азы размæ. Урс финты ныхмæ хæст... Польшæйы цаутæ, Хасаны цады былыл хæстытæ æмæ уыйфæстæ гитлерон фашисттимæ хæст. Уыцы рæтты кæрæй-кæронмæ кæм нæ фæхæцыдис Дæгка, ахæм дзы нал баззад. Уæдæ хæсты фæстæ дæр службæйы æдзухдæр уыдис салдæттыты æмæ кæстæр афицерты æхсæн æмæ æнæ кусгæ, æнæ змæлгæ нæ зыдта. Уымæн з.ыдта йæ дивизийы алы адæймаджы цард дæр суанг лыстæг хъуыддæгты онг æмæ ахуырты æфсæддон окруджы иннæ дивизиты æхсæн фыццаг бынат дæр уымæн ахста кæддæриддæр. Æмæ ма куыстхъом уыди, афтæмæй отставкæйы рацыдис. Радтой йын стыр пенси. горæты бæрæг астæу ног хæдзары алцæмæй дæр æххæст фатер. Æппæт дæр 4
ын уыдис, фæлæ йын нал уыдис сæйрагдæр хъуыддаг, — нал ын ис, цы архайа, уый. Æввонгхоры цард кæнын та йæ бон нæу Дæгкайæн. Æмæ йæ, æвæццæгæн, нозт дæр хæрз æнæнхъæлæджы йæхимæ ласын уымæн байдыдта. Уæвгæ, растдæр зæгъгæйæ, раздæр Гæбæтийы аласта, уый та Дæгкайыл ныххæцыд æмæ йæ йæ фæдыл фæкæны. Фæлæ нал... Дарддæр афтæ цæрæн нал ис. Адæймаг уæддæр адæймаг у, зæххыл уымæн райгуырдис, йæ къæхтæй йыл фидар цæмæй лæууа, раст фæндагыл дзы куыд ацæуа кæронмæ, уый тыххæй æмæ йын цудгæйæ цард не ’мбæлы. Æмæ уый тыххæй цы чындæуа? Отставкæ отставкæ у æмæ дзы къаманды кæмæн кæнай, уый нал ис. Куыст ссарын х-ыæуы, исты куыст. Æппынфæстаг... уынгтæ мæрзæджы куыст дæр кадджындæр у, у^шгты цудтытæ кæнгæйæ цæуынæй... Раст эæгъын хъæуы, булкъоны пъагонтæ æмæ иуæндæс орденимæ исты хуымæтæджы куысты ныллæууын куыддæр у, лæгæн дзы цыма йе ’стыр кад ныллæгдæр кæны, афтæзыны. Фæлæ ницы кæны, адæймаджы исты архайын хъæуы, цалынмæ ма исты архайын йæ бон у, уæдмæ», æнæпайда дзæгъæл цард куыннæ кæна, афтæ... Фæлæ уæддæр цы куыст? Партийы обкоммæ куы бацæуа куыстагур, уым æй куы бафæрсой, цы куыст хуыздæр зоныс, цæмæ хуыздæр сарæхсдзьшæ, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзæн? Раджы кæддæр фæскомцæдисон кусæг уыд, Ирыстоны фæскомцæдисмæ цы фыццагдæр къорд лæппуйы бацыдис, æмæ дзы дарддæр фæскомцæдисон чыртæ аразын чи райдыдта, уыдонæй иу. Фæлæ ныр куыст бацагур фæскомцæдисон оргæнты, уæд... æвæццæгæн, ыл обкомы мидбылты бахудиккой æмæ йæ уæддæр цæмæй ма бафхæрой, уый тыххæй зæгъиккой: — Æмæ цы кæны? Фæскомцæдисонты æхсæы дæр дын куыст ссардзыстæм. Фæлæ дын æгæр зын куы уа. Уыдон æрыгон æмæ тæлфаг фæлтæр сты. Дæуыл та, кæд ма æрыгон дæ (уый та зæрдæ балхæныны тыххæй), уæддæр азтæ сæ уæз æруагътой æмæ семæ тæлфынмæ, дугъы уайынмæ куынæуал сарæхсай. 5
Дæгкайæн фæскомцæдисы окружкомы хайады хицауы куыст уыдис, йæ «граждайиаг» куыст цæмæй райдыдта æмæ йæ цæмæй фæцис, уый. Ардыгæй йæ йæхи курдиатмæ гæсгæ арвыстой æфсæддон скъоламæ. Бирæ рабфактæй æмæ æндæр скъолатæй æфсæддон скъола цæмæн равзæрста, уый йæхæдæг дæр тынг хорз не ’мбæрста. Уыцы скъолайы райдыдта йæ æфсæддон цард æмæ йæ суанг отставкæйы онг ахæццæ кодта. Иæ зæрдæ сриссæгау кодта, афтæмæй æрымысыдис, отставкæйы куыд рацыдис, уый. Ома йæхи кæй нæ фæндыд, афтæмæй йæ кæй цæуын кодтой, уый тыххæй не ’срысти йæ зæрдæ. Дæгка æнкъардта, æфсадæн ,йæ иу чысыл хай кæй у, уый æмæ йын дзы рахицæн уæвын зын кæй уыд. 2 Æфсæддон окруджы штабмæ йæм цæмæн сидынц, уый нæ зыдта Дæгка. Æрмæст фæдис кодта: æнæуи куыд фæфыссынц — тагъд фæзын, зæгъгæ, афтæ нæ домдта приказ. Штабæй фыстой: хæстæгдæр рæстæджы, хуыздæр амал дын кæд фæуа, уæд фæзын. Цæвиттон, тæссагæй дзы ницы уыдис. Æвæццæгæн æй æндæр, йæхицæн хуыздæр кæм уыдзæн, ахæм бынатмæ ивынц. Чи зоны, æмæ йын йæ рæстæджы раттын кæй нæуал бафæрæзтой, йæ гæххæттытæ кæмæн фесæфтысты, уыцы хорзæхтæй исты хабар фæзындис æмæ йын уыдон дæттынмæ хъавынц. Йе та фæстаг рæстæг се ’фсæддон хай ахуырæй æмæ хæстон цæттæдзинадæй æфсæддон окруджы фыццаг бынат кæй бацахста, уый тыххæй ма йын исты уæлдай арфæтæ ракæнинаг сты. Цыдæриддæр уыдис, уæддæр Дæгка кæддæриддæр æгъдауджын æмæ афон зонаг афицер уыдис, æмæ хъуыддаг дард бонтæм нæ аргъæвта. Дыккаг бон бадтис поезды æмæ ацыдис окруджы штабмæ. Кадрты хайадмæ куы бацыд, уæд ^хайады хицау уæлдай цинхуызæй æгасцуай загъта, йæ размæ дуары онг рацæугæйæ. Иæ кух ын айста æмæ йæ фæлмæн, сырх хъæдабæджьш креслæйы цалынмæ сбадын кодта, уæдмæ йæхæдæг джр не ’сбадт. 6
— Цæй, куыдтæ цæуынц дæ хабæрттæ, æмбал булкъон, — бафарста хайады хицау. Фæлæ йæ сæйраг фарст уый кæй нæу æмæ æрмæст ныхас исты хуызы райдайыны тыххæй кæй зæгъы, уый уайтагъддæр бамбæрста Дæгка æмæ йын куыдфæндыйы дзуапп радта. Хайады хицау бамбæрста, хъуыддаг дардыл дзуринаг кæй нæ у, уый æмæ уæд комкоммæ загъта: — Окруджы къамандыгæнæг приказ радта цалдæр афицеры отставкæйы арвитыиы тыххæй... Ныхас цæуыл цæуы, уый нæма бахъардта Дæгкамæ, фæлæ йæ мидбынаты фестъæлфыдис æмæ фестынмæ хъавыд... — Ома куыд отставкæйы?.. — Тыхсгæ ма скæн, мæсты дæр ма су, — загъта йын хайады хицау, йæ уавæр ын куы бафиппайдта, уæд. — Иудзырдæй, хицауадмæ ахæм фæндон ис (фæндон та уынаффæ кæй у, уый Дæгка тынг хорз зыдта), æмæ уыцы цалдæр афицеримæ отставкæйы хъуамæ ды дæр ацæуай, — Дæгка мæстыйæ йæ ныхмæ цыдæр сдзурынмæ хъавы, уый фембæрста хицау æмæ йын йæ къухы тылдæй ацамыдта, кæронмæ мæ дзурын бауадз, зæгъгæ. — Мæнæй хуыздæр зоныс не ’фсады уавæр ныртæккæ. Хæсты нæ сæртæ тагъд нал бахъæудзысты, кæд «уазал хæст» уыцы æндзæрст кæнынц, уæддæр. Æмæ æфсадæй милуангай æфсæддонтæ уæгъд кæны хицауад. Уыцы милуантимæ афицертæн дæр æнæ уæвгæ нæй, суанг дæлдæр цинæй булкъоны онг. — Æмæ уыцы милуанты æхсæн мæн цæмæн равзæрстат? — йæ маст тыххæй уромгæйæ, бафарста Дæгка. — Æрмæст дæу нæ равзæрстам. Дæ хуызæттæ сæдæгæйттæ сты. Æвзаргæ та уæ цауддæры тыххæй нæ ракодтой, фæлæ кармæ гæсгæ... — Æмæ мæ карæй мæ хъару фылдæр куы уа, фылдæр кусын мæ бон куы уа, уæд та? — Мах фæлтæр ахæм фæлтæр у æмæ дзы йæ амæлæты сахатмæ кусын кæй нæ фæнды æмæ чи нæ фæразы, ахæмтæ дзы стæмтæ ис. Фæлæ адæймагæн йæ зæронды бонты йæ фæллад суадзын дæр æмбæлы. 7
— Мæнмæ гæсгæ фæллад уадзын кæд хъæуы, уый алы адæймагæн дæр йæхи хъуыддаг у. Æмæ йæ афтæ куы уадзиккат, уæд бирæ хуыздæр уаид... — Уымæй бынтон раст нæ дæ, хицауад хъуамæ хъуыды кæна йæ кадджын инæлæрттæ æмæ афицертыл. Кæм æмæ цавæр уавæрты сты, ууыл... Фæлæ мæсты бынтон дзæгъæлы кæныс, — загъта хайады хицау. Дæгка фæфæлмæндæр æмæ йæ бафарста: — Æргом ма мын зæгъ, мæ куыстæй мæм исты фау хæссут? Уæд æнæ сымах ныхасæй отставкæйы нæ, фæлæ æфсадæй бынтондæр ацæудзынæн. — Æфсадæй никуы æмæ никæдæм ацæудзынæ, искуы дæ сæр куы бахъæуа, уæд фыццæгтимæ кæй уыдзынæ, уый дæхæдæг дæр зоныс æмæ мах дæр... Дæгка не ’мбæрста, йæхи нæма фæнды, афтæмæй йæ отставкæйы цæмæн æрвитынц, уый. Дæс æмæ ссæдз азы бæрц кадджынæй фæслужбæ кæн æфсады æмæ дæ афтæ æгадæй... Чи зоны, кад дæр ма йын у æмæ йын уыдæттæ хуыздæрæн кæнынц, зæгъгæ, ахъуыды кодта Дæгка æмæ хинымæры загъта: «Цæй, куыд сæ фæнды, афтæ кæнæнт». Æцæг æй баулæфын дæр хъæуы, уæдæ ма мæрдты бæсты йæ фæллад уадздзæн. Стæй йæ чызг Зæлинæйæн дæр исты бынат скæнын хъæуы. Фыд, — ома йæхæдæг, — æдзухдæр æфсады уыдис æмæ чызг нæ базыдта фыды ад. Мад та, — ома Дæгкайы бинойнаг,— 1942 азы Рассветы бынмæ немыцаг бомбæйæ мард фæци. Зæлинæ авдаздзыд чызгæй баззадис йæ мадымады къухы. Уый йæ схъомыл кодта. Каст фæцис мединститут æмæ сæхимæ дохтырæй кусы. Æмæ кæд ныр уæддæр бавзарид ныййарæджы ад. Горæты йын хорз фатер кæй ратдзысты, уый зæрдыггаг нæу. Уæдæ йæ чызджы горæтмæ йæхимæ куы скæна, уæд ын дохтыры бынат кæй ссардзæн, уый дæр зоны, зæрдæргъæвд уыдис рагæй дæр æмæ алы ран дæр сарæхсдзæн. Иæ фыды дæлбазыры ацæрдзæнис, стæй, æндæр искæдæм йæ хъус куы адара, уæд æй фæрнджынæй фервитдзæнис. «Кæд отставкæ, уæд отставкæ, хæйрæг меркъайы ныххауæд», — загъта йæхинымæр, исты хъуыддаг-иу куы алыг кодта, уæд-иу куыд дзырдта, афтæ. 8
— Пенси æмæ иынæ хъуыддæгтæ иууылдæр нæхæдæг скæндзыстæм, — загъта фæстагмæ кадрты хайады хицау... Отставкæйы кæй рацыд, уымæй раст бакодта, æви фæрæдыд, ууыл дызæрдыг кæнгæйæ рацыд штабæй Дæгка. «Хорз у, раст у. Искæд мæ баулæфын дæр хъæуы, уæдæ куыд, стæй уадз æмæ фæсивæд размæ цæуой». — Иæхицæн зæрдæтæ æвæрдта. Æмæ йæм райдайæны æцæгдæр хорз фæкастис. Стыр пенси, хорз фатер, бирæ уæгъд рæстæг — уыдонæй ма хуыздæр цы хъæуы лæджы амондæн, æрыгон куынæуал уа, уæд. Фæлæ иудзæвгар куы ацард уыцы уавæрты, райсомæй кæдæм тагъд кодтаид, уый йын куынæуал уыдис, боны хорзæй цы бакодта, уый нымайын æй куы нал хъуыд, уæд æнкъард кæнын райдыдта. Хорз ма хъуыды кæны, кæддæр англисаг æвзаг ахуыр кæнгæйæ америкаг фыссæг Лонгфелломæ цы æмдзæвгæ кастис «Царды æгъдау», зæгъгæ, уый. Æмдзæвгæйы хъуыды йæм раст фæкаст: райсомæй изæрмæ куы ницы хорздзинад саразай, уæд уыцы бон дæ цардыл ма нымай... Уыцы хъуыдытæгæнгæ-иу арæх сæмбæлд йе ’мбæлттыл, уæлдайдæр Гæбæтийыл æмæ-иу нуазгæ дæр акодтой, кæм-иу хонæг фæзынд, кæм æндæр æгъдау. Гæбæти сыгъдæг æмæ фæлмæнзæрдæ раст адæймаг у æмæ дæ тыххæй нæ акæндзæн йæ фæдыл, фæлæ йæ дæхæдæг кæй уарзыс, уый тыххæй йемæ цæудзынæ. Æдзух уыцы бæдтытæ æмæ хуындтытæ зæрдæ куыд зæгъы, афтæ нæ рауайынц æмæ дысоны хуызæн æгæр бирæ кæд аназы, ахæм рæстæг дæр æркæны Дæгкайыл. . Нæ, афтæ дарддæр нал уыдзæн... Стæй Гæбæтийы дæр бауромын хъæуы, цалынмæ уыцы фæндагыл дардмæ нæ ахæццæ ис, уæдмæ. Чи зоны, ахæмтæ дæр разыны, æмæ ахæм цардыл разы чи у. Æрмæст Дæгкамæ æгуыстæй, иунæгæй цæрын нал цæуы. Бæргæ, йæ чызг Зæлинæйы хъæуæй куы скæнид, уæд сæ дыууæйæн дæр фенцондæр уаид. Фæлæ Зæлинæ, кæд æй йæ фыдимæ ацæрып фæндыдис, уæддæр не ’сразы, хъæуы рынчындоны йæ диссертацийæн æрмæг цæттæ код9
та, стæй, дам, мæм хъæуы нанаимæ цæрын дæр хорз кæсы. «Дарддæр афтæ нал... Тæккæ абон обкоммæ цæуын æмæ куысты тыххæй баныхас кæнын хъæуы». Уьщы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ йæм дуар æрбахостæуыд. — Кæцы дæ? Мидæмæ, — адзырдта Дæгка, фæлæ æрбацæуæг дуар дыууæ тъæппы куы æрбакодта æмæ йын куы нæ байгом, уæд фæхъуыды кодта: уыцы нозтджынæй дæр ма, æвæццæгæн, дуар мидæгæй сæхгæдта, фæлæ йæ райсомы нæма байгом кодта. — Гъæй, мидæмæ мæ æхгæд дуæрттыл куы хоныс, — æрбайхъуыстис Гæбæтийы хъазгæ æфхæрæн ныхас. — Ныртæккæ, ныртæккæ, — бахатыр кæн, — загъта Дæгка, йæхæдæг йæ пижамæ акодта <æм,æ дуар гом кæнынмæ рацыд. — Цæй куыд дæ? — салам нæ радта, афтæмæй афарста Гæбæти, йæ цæсгом уыдис расыггомау, рыстхуыз. — Мæ сæр фæйнæрдæм тъæппытæ хауы, ме ’уæнгтæ фæхты хостау риссынц, æндæр дын цæмæй раппæлон мæхицæй, уый мæм нæй. — Мæныл дæр хуыздæр бон нæй... — Æмæ уыйбæрц цæмæн фæцъирæм? Йæ бын ын нал фæарæм. — Æдылытæ стæм æмæ уымæн. Фæлæ дæ дзаумæттæ акæн æмæ аходæнæн исты амал окæнæм, кæд пахмел дæр вæ къухы бафтид. Уыйфæстæ мын мæ къухы нозты агуывзæ ничиуал фендзæн. — Нæй, пахмел кæнынæн дын мæнæй æмбал нал рауайдзæн. Æз ныртæккæ хъуамæ обкоммæ ацæуон, кæй дын загътон, уыцы хъуыддаджы фæдыл... æргъæвæн ын нал ис. — Дæ разы уыцы хуызæнæй? Афтæ рынчынæй? — бадис ыл кодта Гæбæти. — Цалынмæ исты бахæрай, пахмел скæнай æмæ сдзæбæх уай, уæдмæ дæуæй хъуыддаджы лæг нæй. — Мæлгæ куы кæнон, уæддæр иу хуыпп дæр нал... — Цæй, цæй, дæ дзаумæттæ тагъддæр акæн. Мæлгæ цæмæн? «А помирать нам рановато, есть у нас еще 10
дома дела». Фæстаг хатт ма, стæй уæд та æнæ нуазгæйæ цæрын бавзардзыстæм... Дыууæ лæджы æнæ пъагонджын кителты рацыдысты уынгмæ. Адæм дзы бирæ нæма уыдис, чи цыд, уыдон дæр-иу уайтагъд цæхгæрмæ уынджы базарырдæм афардæг сты. — Нырма адæм сæ хуыссæнтæй куы нæма сыстадысты, хæрæндæттæ гом куы нæма сты, уæд кæм аходæн кæнынмæ хъавыс. Гæбæти кителы дысалгъ фæбырын кодта мидæгдæр æмæ æркаст цонджы сахатмæ. — Цæй æмæ хаш бахæрæм, ныр йæ тæккæ афон у. Æрæджы дзы федтон уæртæ базары раз иу чысыл хæрæндоны, — загъта Гæбæти, стæй ма йæ ныхасыл ноджыдæр бафтыдта. — Ноджы йæ пайда хонынц. — Пайда, зæгъыс? — фæдис кодта Дæгка. — Æнæниздзинадæн тынг пайда, — Уæдæмæ хаш циу, уый зоныс? Кæд æй никуы ма бахордтон, уæддæр расыггæнæгтæн райсом раджы ануазыны æфсон. — Дæгка! — йæ цæстытæ ныхъхъоппæг кодта æмæ кæнгæ æфхæрдхуыз равдыста Гæбæти. — Куыдтæ дзурыс уый? Уæдæ мæнæ мах дæр ныртæккæ хаш хæрынмæ цæуæм æмæ расыггæнæгтæ стæм? — Дæуæн нæ зонын, фæлæ дын æз ницы ацæудзынæн хаш хæрынмæ. Фæлтау цом паркмæ, сыгъдæг уæлдæфмæ фæтезгъо кæнæм. — Уæлдæф нын ницы бакæндзæн, хаш йедтæмæ нын хуыцаумæ дæр хос нæй. Æнæхин æмæ æмбалуарзаг адæймаг у Гæбæти, чи зоны, йæ характеры иунæг сахъат дæр уый у. Фæлæ йæ уый тыххæй фылдæр уарзы Дæгка æмæ йæхи нæ фæндгæйæ бакæны, Гæбæтийы цы бафæнды, уый. Æмæ та ныр дæр сразы йемæ хæрæндонмæ ацæуыныл. Раст фæкаст йæхимæ Дæгка — хæрæндоны хаш чи хордта, уыдон иууылдæр расыггæнаг хуыз уыдысты, сæ фылдæр чъизи дарæсы. Чъизи уыди хæрæндон æгасæйдæр. Æппындæр нæ фæцыдис Дæгкайы зæрдæмæ, раздæхынмæ дæр ма хъавыдис, фæлæ’ Гæбæтийы куыд ныууагътаид. Æмæ æрбадтысты иу æнæ11
фснайд стъолы уæлхъус, Гæбæти буфеты размæ бацыд æмæ загъта: — Дæ хорзæхæй, дыууæ хашы æмæ сын семæ фæйнæ иу æмæ æрдæджы... Лаваш дæм ис æви дзул?.. Лаваш! — Æрмæст тагъддæр. Стæй нын не ’стъол дæр асыгъдæг кæнут. — Ныртæккæ, ныртæккæ, дæ рын бахæрон, — загъта буфеты хицау æмæ стъол сыгьдæг кæнынмæ азгъордта. Æдэæхх хаш куы схуыпп кодта Дæгка, уæд æй фæстæмæ ракалынмæ хъавыдис, фæлæ йыл Гæбæти сбустæ кодта: — Æдзæххæй нæ, æдзæххæй. Алчидæр ыл цæхх йæхимæ гæсгæ ныккæны æмæ афтæмæй йæ ад рабæрæг вæййы. Цæххимæ дæр хаш нæ фæцыдис Дæгкайы зæрдæмæ æмæ дзы куыдфæнды хæрдтытæ кодта. Бакъуырдтой сæ агуывзæтæ æмæ йæ нуазæн уыциу нызт акодта, дыккаг хатт æй уыцы хъылма йæ дзыхмæ хæссын куыннæуал бахъæуа, афтæ. Дарддæр цы куыстаид, уый йын нал уыд æмæ Гæбæти хаш куыд адджынæн хæры, уымæ касти. Йæ зæрдæйы æвзæрыдис стыр тас æмæ сагъæс Гæбæтийы хъысмæтыл — æгæр куы бауарза ацы нозт æмæ сæфты фæндагыл куы ацæуа. Баххуыс ын хъæуы, фæлæ куыд. Иемæ зын ныхас кæнæн у. Зæрдæ дын бавæрдзæн, нал баназдзынæн, зæгъгæ, фæлæ та йæ уайтагъд ферох вæййы йæ ныхас. Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ буфеты хицау стъолыл арахъхъы авг æрæвæрдта. — Уæртæ фæскъуым ирон лæппутæ бады æмæ уын уыдоны хуын у, — загъта æмæ авджы пъробкæ куыд фелвасинаг уыд, афтæ йын йæ къух фæурæдта Дæгка. — Фæлæуу, ма йæ гом кæн, æртах дæр дзы ничи бануаздзæн. — Бауадз æй æмæ йæ байгом кæна. Нуазгæ дзы куы нæ кæнæм, уæддæр фæсивæд сты, æгъдау кæнынц æмæ сын дзы раарфæ кæиæм. Фæйнæ нуазæнæй куы раарфæ кодтой æмæ йæ Гæбæти тыххæй куы бануазыи кодта Дæгкайæн дæр, уæд уый хæд фæстæ сæ уæлхъус æрлæууыдысты дыууæ 12
лæппуйы. Иу дзы гыццыл, тæнтъихæг, иннæ бæрзонд сырхцъар. Иуы дзы Дæгка цæсгомæй зыдта, фæлæ чи у, уый нал фæхъуыды кодта æвиппайды... Иннæ лæппу хъуамæ æрыгондæр уыдаид. Йæ къухы уымæн уыди хуын: дыууæ арахъхъы агуывзæйы дыууæ хъæбынимæ. — Хатыр нын бакæнут, уæ хорзæхæй, къулбадæг лæппутæ уæвгæйæ уæ размæ æрбацæуын дæр кæй бауæндыдыстæм, уый, — загъта бæрзонддæр лæппу æмæ Гæбæти йæ хæрын ныууагъта. Дæгка æнцад кастис лæппуйы цæсгоммæ. Тынг фидыдта рæсугъд тымбыл цæсгомыл æфсæрмхуыз, æмæ йæм кæсгæйæ баззадис. Иæ зæрдæмæ фæцыд. — Мах, кæй ном зындæуа, уыцы адæмæй не ’стæм æмæ нæ куы нæ зонат, уæддæр диссаг нæу. Фæлæ Дæгка, Гæбæти, сымах нæмттæ рагæй хъуыстгонд сты. Сымах стут, ирон лæджы хъæбатырдзинады ном сæ джебогътыл Джызæлæй Берлинмæ чи ахаста æмæ абон мах нæхи советон бæстæйы сæрибарæй кæй руаджы цæрæм, уыдонæй. Сымах кад скодтат ирон адæмæн, сымах стут нæ адæмы ирд цæсгом, йæ фидауц. Дæгка хъуыста лæппумæ. Иæ ныхасы рæсугъддзинад цыдис йæ зæрдæмæ, кæд сæ æнæхъуаджы тынг æппæлыдис, уæддæр. Чи зоны, чысыл фæнозтджын æмæ уый тыххæй фæцыд йæ зæрдæмæ, фæлæ кæд рæсугъд у йæ ныхас, уæддæр ам, чъизи хæрæндоны, расыг адæмы æхсæн æм цæмæн æрцыд æгъдау раттыны зонд. Æгъдау хорз у, кæм æмбæлы, ахæм бынаты, фæлæ ам... Дæгка лæппуйы бауромынмæ хъавыд, фæлæ лæппу уæдмæ загъта: — Æмæ мæнæ мах хуызæн лæппутæй фæйнæ сыкъайы саггаг кæнут. — Бахатыр кæнут, уæддæр нуазæнтæ кæм æрбахастат, æгъдау кæм кæнут, уым нын хъуамæ зæгъат, кæй лæппутæ стут, уый дæр, — загъта сын Дæгка. — Цæй нæмтты аккаг стæм мах нырма. Сæгъычъетæ стæм æмæ нæм кæд уыцы номæй дзурын æфсæрмы кæнат, уæд мæнæ ме ’мбалы Алтег хонут, мæн та Суцца... Чи зоны, мæнæн фидисы ном у Суцца, фæлæ мæ хуыздæр номæй ничи зоны, стæй мæхæдæг дæр нæ 13
зонын, цавæр хуыздæр ном ма мын уыдис, уый, — загъта ныллæгдæр лæппу. Бадгæйæ раарфæ кодта Дæгка лæппутæн æмæ сæ*м сæ нуазæн дзагæй фæстæмæ раттынмæ хъавыдис, фæлæ йыл Гæбæти сбустæ кодта: — Уый куыд кæныс, уый, Дæгка. Дыууæ сагсур ирон лæппуйы куы лæууы дæ уæлхъус, æмæ сын сæ нуазæнæй иу хуыпп дæр нæ кæныс. Тынг æм бахатыдтой лæппутæ сæхæдæг дæр æмæ йын тыххæй бануазын кодтой сæ нуазæн... 3 Хур æрцæйныгуылдис, афтæ райхъал Дæгка. Фыццагдæр æм цы хъуыды фæзынд, уый уыдис ахæм: афонмæ йæ нозт ссыдис Гæбæтийæн дæр æмæ йемæ баныхас хъæуы. Ныхас ын радта, абонæй фæстæмæ нозт мæ дзыхмæ нал схæсдзынæн, зæгъгæ, фæлæ йыл æууæндæн нæй æмæ бæллæх дæр уый мидæг ис, исчи йæм куы бахата, уæд дзы йæ хæларзæрдæйæ аназдзæн. Иæхи арæвдзытæ кодта æмæ ацыдис йе ’рдхордмæ, фæлæ йæм куы фæцæйхæццæ кодта, уæд йæхи фæстæмæ тигъы аууонмæ аппæрста. Гæбæти уæлæрдыгæй æрцæйцыдис йæ хæдзармæ. Йæ кителы æгънæджытæ æмбисы онг уыдысты уæгьд, йæ худ иуварсмæ ныззылын æмæ йæ бынæй зындысты пыхцыл æмæ уымæл сæрыхъуынтæ. Кителы дыстæ дзæгъæлы хъеллæуттæ кодтой, цыма дзы къухтæ нæ уыдис, афтæ. Хатгай-иу йæхи иуварсмæ, кæнæ размæ афтæ тыхджын ахаста, цыма æнæ ахаугæйæ нал баззайдзæн, афтæ-иу зынди, фæлæ та-иу сраст кодта йæхи æмæ йæ фатерырдæм тырныдта. Райдианы йæ размæ батагъд кæнынмæ хъавыдис Дæгка, феххуыс ын кæнон, зæгъгæ, фæлæ йæ зæрдæ куы фæдардта, йе ’мбал æнæ ахаугæйæ йæхи бауромдзæн, уæд æм йæхи нал равдыста. Гæбæти тыххæйты бахæццæ йæ фатермæ æмæ схизæн асинты раз æрлæууыд. Асинтæм куыд касти, уымæй бæрæг уыд, схизынмæйæ иыфс кæй нæ хæссы, уый. Стæй хизын райдыдта. Тынг тæссаг ын уыдис, 14
куы фæцуда æмæ куы рахауа, уымæй æмæ йын Дæгкайæн æнæ феххуысгæнгæ нал уыд. Фæцæй йæм цыди, фæлæ уæдмæ йæ размæ фæци йæ сыхаг æмæ йæ уый йæ фатермæ бакодта. «Цы йын бачындæуа? — хъуыды кодта Дæгка Гæбæтийы тыххæй. — Хивæнд туг æм ис, ныхасмæ нæ байхъусдзæн». Æфсады æицондæр срастгæнæн уаид, кæд уым дæр тынг хъусæгтæй нæ уыдис, уæддæр. Фæлæ ныр сæрибар маргъ у æмæ йын хæлары зæрдиаг ныхæстæй йедтæмæ ницæмæй баххуыс кæндзынæ. Æмæ ахæм ныхæстæ фæкæныны тыххæй Дæгка Гæбæтимæ йæ фатермæ фæзындис дыккаг райсом. Сæхимæ йæ куынæуал баййафа, уымæй тарстис, фæлæ хæдзары разынд. Кæд ма раджы уыдис, уæддæр Гæбæти нозтæй фæхъæстæ, уыдис æдзухау хъæлдзæг æмæ зæрдæхæларæй æгасцуай загъта Дæгкайæн. Раздæр куыд бауынаффæ кодта Дæгка, афтæ хабæрттæ кæнын райдыдта, йæ цыды сæр цæуыл уыдис, ууыл. — Нæ, ды куыд хъуыды кæныс, уый дæхи бар у, Гæбæти, фæлæ æз исты куы нæ архайон, уæд тыхсгæ кæнын. Абон цæуын обкоммæ куысты тыххæй. — Пенсийæ уæлдай ма дæ мызд дæр хъæуы? —• Мызд ницы у, фæлæ ма мæм тæлфыны хъару кæй ис, уый æмбарын æмæ хъуамæ дзæгьæлы цæмæн фесæфа? — Æмæ дын дæтгæ та цавæр куыст ракæндзысты? — Ау, æппын ницы куыстæн сбæздзынæн, мæн аккаг куыст не ’ссардзысты? Нæ, фæлæ ды дæр мемæ цом обкоммæ æмæ дзы нæхицæн.исты куыстытæ ракурæм. — Æз партион нæ дæн, уый дæ ферох, æвæццæгæн. — Уый уæлдай нæу. Куысты тыххæй дын обком хуыздæр баххуыс кæндзæн. — Чи зоны, фæлæ мæн куыст нал хъæуы. Цы пенси исын, уый мын фаг у, — æвиппайды диссаджы æнкъард фæцис Гæбæти. — Æхцатæ кæмæн æмбырд кæнон, ах&мæй та мын дунейыл ничи ис... Иунæг чызг мын ис... Иунæг хъæбул Валя æмæ мæм уый дæр тæр15
гай у... Мæ капекк, мæ хорздзинад йæхимæ хæстæг нæ уадзы æмæ йæ мæхи фенд дæр нæ фæиды... Æмæ, чи зоны, раст у, чи зоны, Валя афтæ сидзæрæй кæй баззадис, уый Гæбæтийы аххос уыд исчердыгæй. — йæ мадимæ йын хицæн кæй адæ, уый фехъуыстон, фæлæ цæй æфсонæй, уый нæ базыдтон. — ’Даргъ таурæгътæ сты уыдон. Фæлæ бинонтæ куы ахицæн вæййынц, уæд, мæнмæ гæсгæ, аххосджын нæлгоймаг у цыфæнды уа, уæддæр. Сылгоймаг налат æмæ хæцаг куы уа, уæддæр хæцын йедтæмæ йæ бон циу? Æмæ-иу æй басабыр кæнын хъуыд. Ныхъхъус Гæбæти æмæ цæуылдæр ахъуыды кодта. Иæ цард йæ бинойнаг Райсæимæ йæ цæстытыл ауадис... Хæрз мæгуыр хæдзарæй рацыдис Гæбæти. Фыд æххуырсты мыздæй бинонтæн къæбæры амæлттæ тыххæй кодта. Æмæ-иу Гæбæти æххормагæй, кæнæ бæгънæгæй куы аззадис, уæд-иу йæ мад мæгуыры хъарæг кæнæгау дзырдта: — Æгайтма нын уæддæр иунæг у, фылдæр куы уаиккой, уæд сæ цæмæй дариккам? Фæлæ лæппу рæзыдис уæнгджынæй æмæ йе ’стыр хъоппæг рæсугъд цæстытæ æмбаргæ каст кодтой. Скъолайы ахуыр кæнъш куы райдыдта, уæддæр уыдис къласы раззаг. Уым, скъолайы, базыдта фыццаг хатт диссаджы рæсугъд, фæлæ къæйных æмæ налат Райсæйы дæр. Хъæздыг хæдзары чызг уыдис, хъал æмæ йын уый адæмыл былысчъилтæ кæнынæн цыма бар лæвæрдта, афтæ йæм каст. Чызг уæвгæйæ йæм лæппуты анæмын диссаг нæ каст. Иухатт цæуылдæр амæсты ис Гæбæтимæ æмæ йæ ранæмынмæ хъавыд, фæлæ йын уый йæ дыууæ къухы рацахста æмæ йын сæ нал уæгъд кодта. Йæхæдæг кæл-кæлæй худтис, чызг йæ къухтæ суæгъд кæныныл куыд архайдта, уымæ кæсгæлæ. Стæй Райсæ фырмæстæй куы скуыдта, уæд ын йæ къухтæ феуæгъд кодта, дард дзы алыгъд æмæ фæсмонгæнæгау загъта: — Æз хъазгæ кодтон, ды та кæуынмæ фæдæ... Уæдæй фæстæмæ бахæлар сты чызг æмæ лæппу, афтæмæй каст фесты хъæууон скъола дæр. Дарддæр чызг йæ ахуыр ныууагъта: йæ хæдзары кад æмæ йын 16
йæ диссаджы рæсугъддзинад амонд кæй ссардзысты йæ рæстæджы, ууыл йæ зæрдæ дардта. Гæбæти бацыд фæскомцæдисмæ, йæ ахуыр дарддæр кодта, стæй йæ цавæрдæр скъоламæ ахуыр кæнынмæ арвыстой. Ууыл лæппу фесæфтис, цыма йæ хуыцау йæхимæ фæхаста, афтæ, æмæ фондз азы дæргъы нал фæзындис хъæуы. Иуахæмы та хъæуы сæрмæ, алы аз-иу куывдтæ кæм кодтой, уым адæм æрæмбырд сты хъæугуывдмæ. Уым хъазты чызджыты æхсæн уæлдай бæрæг дардта Райсæ йæ урс дари разгомы, хæрдгæхуыд дзабырты, сызгъæрин хъуссæджыты. Йæ урс, рæсугъд хъусты рæзты зилгæ цы ставд сау далитæ æрцыд, уыдон цæсгомæн къамæвæрæны хуызæн уыдысты æмæ йæ ноджы рæсугъддæрæй æвдыстой. Сæрыстырæй, фæлæ аивæй фæлгæсыди лæппуты рæнхъытыл. Иу заман ног лæппуты къорд ацахста йæ цæст. Уыдон хъæуæй сцæйцыдысты хъазтмæ. Семæ уыд цавæрдæр уазæг æфсæддон дарæсы. Чызджы цæст дардмæ дæр бафиппайдта, лæппуйыл æфсæддон дарæс куыд хорз фидыдта, уый. — Уæртæ уыцы æфсæддон та кæй уазæг у? — бафарста Райсæ, йæ фарсмæ чи лæууыдис, уыцы чызджытæй иуы, лæппутæ хъазты сæ бынæттæ куы æрцахстой, уæд. — Æмæ уазæг хъуамæ цæмæн уа, дæлæ Гудайы фырт куы у æмæ йæ хæдзар ам куы ис, уæд? — Мæ хæдзар фехæлд, — æнæнхъæлæджы сонт хъæр фæкодта Райсæ, — куыд нал æй базыдтон... Куыддæртæй аивгъуыдта уыцы бон. Ууыл-иу бирæ фæныхæстæ кодта йæхæдæг, йæ зæрдæйы дзæбæхыл у, зæгъгæ, уæд. Хъуыдытæ кодта. Цæмæн у Гæбæти мæгуыр æмæ æгад Гудайы фырт? Цæмæн? Чызгæн йæ зæрдæмæ куы фæцыд. Лæппу дæр æй бауарзта, йæ уарзондзинад ын йе ’нгасæй дæр æмæ ныхасæй дæр бамбарын кодта. Иумæ куы симдтой, уæд æй бафарста: — Иухатт дын дæ къухтæ куы æрцахстон æмæ куы скуыдтай, уый ма хъуыды кæныс? — Рагæй дæр къабазджын лæппу уыдтæ. — Уæд дæм гæххæтт куы радтон «уарзын дæ», 2 Адæм алæм сты 17
зæгъгæ, æмæ мæ кæрты къуымты расур-басур куы фæкодтай, уый дæр ма хъуыды кæныс? — Сывæллæттæ сонт вæййынц æмæ æрра митæ фæкæнынц. — Ныр сывæллæттæ нал стæм, æмæ дæм ныр куы бауæндин, уæд та мын цы зæгъис? Æвæццæгæн, мæ маргæ акæнис? Ницы дзуапп радта Райсæ. Æмæ Гæбæтийæн æвиппайды кæй нæ бафæрæзта дзуапп раттын, уый цы диссаг у? Æнæхъæн æхсæв йæхи куы фарста: миййаг æм æцæг куы æрбарвитид, уæд ын цы дзуапп раттид? Æхсæв-бонмæ фæхъизæмар кодта æмæ ницы дзуапп ссардта суанг йæхицæн дæр. Уæд ма Гæбæтийæн та цы загътаид? Стæй минæвæрттæ куы фæзындысты, уæд Райсæ мæстæй цæхæртæ калдта барæй: куыд æрбацыдысты Гудайы гæвзыкк хæдзарæй минæвæрттæ цæрæг æмæ кадджын Налыхъы хæдзармæ йæ чызджы фæдыл? Фæлæ сын æргом дзуапп иуырдæм дæр нæ радта æмæ йæ минæвæрттæ чызджы гæды митыл банымадтой. Иуырдæм бæлвырд дзуапп нæ радта суанг цы изæр бафидыдтой, уæды онг дæр. Бирæ ма фæцæуын кæнынмæ хъавыдис минæвæртты, йæ кад бæрзонд сиоыны тыххæй, фæлæ Гæбæти службæйы уыдис, тагъд кодта, æмæ уæд хъуыддаг ахицæн. 4 Обкомæн бæлвырд ныхас нæма загъта, афтæмæй Комрæбынмæ бæрæг кæнынмæ цæуынвæнд скодта Дæгка. Хъуамæ фена, базона, цы МТС-мæ йæ æрвитынц, уый. Обкомы фыццаг секретарь ын йæхæдæг дæр афтæ загъта: цу, æмæ цы уавæры ис МТС, уый фен. Иæ директоры йын сисын кæм бахъуыдис, уым, æвæццæгæн, хъуыддæгтæ тынг хорз нæ уыдзысты. Фæлæ бынтон æвзæр сты, зæгъгæ, дæ рагацау уымæй дæр нæ тæрсын кæнын. Дæгка обкомы хъæууон хæдзарады хайады хицауæй машинæ ракуырдта æмæ ацыд. Фæидагыл райкоммæ бауайа, æви нæ, ууыл ахъуыды кодта æмæ æнæбауайгæ хорз нæу, зæгъгæ, йæм афтæ фæкаст. Уæлдайдæр райкомы фыццаг секретарæй тынг æппæлынц, хъуыд18,
дæгтæм, дам, хорз арæхсы, алцæмæ дæр рæвдз у. Уæвгæ йæ æнæ обкомы амындæй дæр хорз зыдта: дард белоруссаг хъæуы сæмбæлдысты немыцаг фашистты ныхмæ хæцгæйæ хæсты заман. Машинæ уайы асфальт фæндагыл, рæнхъ сагьд бæлæсты æхсæнты, æмæ быдыртæ сæхимæ аздæхтой Дæгкайы цæстæнгас. Уалдзæг куы ахицæн вæййы æмæ сæрд йæ тæккæ тынгыл куы вæййы, уыцы рæстæг уыдис. Нартхæрттæ, тархъæдау, æнæхъæн тъæпæнты æнцад лæууынц, цыма уæлдæф йæхимидæг дæр не ’змæлы, афтæ. Тагъд сæ коцора æфтауын кæй райдайдзысты, уый бæрæг у. Мæнæу арвмæ фæцыдис, цыма йе ’фсиртæ хурмæ дары, цæмæй йын тагьддæр ацæттæ уой, уый тыххæй. Цæйбæрц тъæпæнтæ ис кæрдинаг! Ноджы тæвд сæрд скодта æмæ сæ тагъд кæрдын хъæудзæн. Мæнæутæм кæсгæйæ Дæгкайы зæрдыл æрбалæууыдис, кæдæм цæуы, уый. Æнæуи куы цæуид, уæд быдыртыл йæ зæрдæйы дзæбæхæн фæлгæсид. Фæлæ ныр хъуыдытæ æмæ сагъæстыл фæци — МТС-ы директор куы суа, уæд быдырты йæхи кусын хъæудзæн. Æмæ æрмæст мæнæуыл куы уаид хъуыддаг, фæлæ бирæ халсар æмæ хор æфснаинаг ис районы. Хъæу та кæддæры хъæу нал у æмæ хортæ машинæтæй æмбырдгæнинаг сты. Цавæр æмæ цас машинæтæ ис МТС-мæ? Стæй уæд цы уавæры сты? Комбайнтæ рæвдз куы нæ уой, уæд хъуыддæгтæ ныссуйтæ уыдзысты. Тагъд æрбалæудзæн мæнæугæрдæн æмæ сæ цалцæг кæнынæн рæстæг нал уыдзæн. йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, афтæмæй Дæгка хæдзардзин хицауы хуызæн мæт кæнын райдыдта колхозтæ æмæ МТС-ы хъуыддæгтыл. — Уыциу цыдæй МТС-мæ цæуæм æви райкоммæ фæзилæм? — бафарста шофыр Дæгкайы æмæ йæм бакаст. Уымæ, æвæццæгæн, бынтон мадзура æмæ карз лæг фæкастис Дæгка — уæдæй нырмæ иу ныхас куыд нæ загъта, куыд иицæмæй бафарста? — Райкоммæ, райкоммæ, — цырд загьта Дæгка æмæ шофыр стыр агъуыстыты раз куы баурæдта машинæ, æмæ Дæгка зæхмæ куы æрхызт, уæд ын загъта: — Ам мæм банхъæлмæ кæс. — Стæй хæдзармæ куы 19
фæзылд, уæд дисы лæуд кæнгæ аззадис. Йæ размæ та фæцис, хаш хæргæйæ йын Гæбæтиимæ нуазæн чи авæрдта, уыцы лæппу. Йæ фæдыл зилы, æви йæ разæй цæуы? ’ Лæппу райкомы дуармæ бæласы бын бадтис иунæгæй. Иæ урс-урсид нымæтын худ сæры тенкайыл ныссагъта, æмæ мæсты дымд кодта ставд даргъ бапъироз. Лæппу Дæгкайы машинæйæ рахизгæ куы федта, уæд куыддæр фæсонтау, тамако зæхмæ аппæрста æмæ йæ йæ къахы бын акодта, уырдыг алæууыд, йæ худ араст кодта æмæ йæм сæрæн къахдзæфтæй бараст æгасцуай зæгъынмæ. Дæгкамæ дзæбæх æмæ уæздан лæппуйау фæкасти, фæлæ йыл йæ комы арахъхъы тæф сæмбæлд æмæ йæм зивæггæнæгау радта йæ къух. — Æгас нæм цу, Дæгка, — сдзырдта лæппу сæрæнхуызæй. — Арфæгонд у. Мæ номæй мæм куы дзурыс, кæцæй мæ зоныс? Хæрæндоны нын нуазæнтæ куы авæрдтай, уæд дын нæ нæмттæ куы нæ загътам, — загъта Дæгка, уыцы сæмбæлд дæр дзы кæй нæ ферох, уый йын бамбарын кæныны тыххæй. — Уанцон нæу, æмæ дын дæ ном хæрæндоны агурæм, нæ номдзыддæр хистæр æмæ нæ хъæуккаг сиахс куы дæ, — нозтджын даргъ дзырдмæ хизын байдыдта лæппу. — Ды нæ чысылтæй ныууагътай, стæй æнæуи дæр ницы стæм æмæ нæ цæмæй зонай, фæлæ дæ нæхæдæг зонæм. Стæй, кæд хуыцауы бафæнда, уæд дарддæр кæрæдзи хуыздæр базондзыстæм, — уыцы ныхас зæгъгæйæ, лæппу цæмæндæр æфсæрмы сырх фæцис æмæ зæхмæ ныккастис. — Æмæ ды дæр ацы хъæуккаг дæ? — О, ацы хъæуккаг-дæн. — Агрономæй æви ахуыргæнæгæй кусыс? — Сæ иу дæр нæ... Æз ам уæлдæфы хицау дæн. — Уый та цы хоныс? — бадис кодта Дæгка. — Афтæ мæ рахуыдта нæ колхозы фæскомцæдисон организацийы секретарь. Скъола каст куы фæдæн, уæд ахуырыл дæр æмæ куыстыл дæр нæ фæхæст дæн æмæ... 20
— Дæ хуызæн лæппу куыстыл, кæнæ та ахуырыл дæр нæ фæхæст, зæгьгæ, уæд хъуамæ цы архайа? Цæмæй хъуамæ цæра? Дæ ном та цы хуины? — Мæ ном Алтег хуины. Ме ’мбал дын æй загъта хæрæндоны. Хæнæзатæй дæн. Æвиппайды ницы зæрдæмæдзæугæ куыст ссардтон. Фæлæ ныр... Афтæ дæр куыд ныууадзон мæхи, æнæ иу сæрфатæй. — Хъæуы, хъæуы, — загъта Дæгка зоидамонæгау æмæ райкомы агъуыстмæ бацыд. 5 — Цæмæ сарæхсдзынæ æмæ дæм цы хъару ис, уый мах хуыздæр зонæм, Зæлинæ, æмæ дын куыд зæгъæм, хъуамæ афтæ бакæнай. — Бахатыр мын кæн, Хасмел, афтæ карзæй дæм кæй дзурын, уый, фæлæ мæ ныфс нæ хæссын. Нырма знон рацыдтæн институтæй æмæ иырма ныр æрлæууыдтæн хирурджы стъолы раз. Иунæг хуызæнæн операци нæма скодтон, уæд мын куыд зæгъут, æнæхъæн районы рынчындоны оæйраг дохтырæй ныллæуу, зæгъгæ. Æртæ æмæ мыл ссæдз азы йедтæмæ куы нæма цæуы... Исчи мæ мæ куысты уæлхъус къулбадæг куы рахона, уæд та? Хасмел фыццаг хатт нæ иыхас кæны æрыгон кусджытимæ æмæ сæ чи цы хъуыды кæны, уый уайтагъд бамбары. Хорз æм кæсы, чызг, цы бæрнон бынаты йæ æвæрынц, уый кæй æмбары. Ахæмæй хорз кусæг кæй рауайдзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис æмæ йын æхсызгон уыдис йе ’ргом ныхас. Зæлинæ жшкоммæ кастис Хасмелмæ æмæ йын йæ фæлмæн, чысыл фæсусгомау хъæлæсмæ æнувыдæй хъуыста. Райкомы секретарь уыдис лыстæджытæарæзт, бæрзонд æмæ фидар уæнгты хицау, чысыл гуыбыргомау лæг. Иæ сæрыхил кæд урс-урсид адардта æмæ тыл айдæнау ныллæгуын, уæддæр ма æрыгон хуыз уыдис Хасмелы цæсгом. Æмæ Зæлинæмæ афтæ кастис’: кæд сæйраг дохтыры бынатæй цыфæнды тарст кæны, уæддæр æй секретарь йæ хъарутыл баууæндын кæндзæн æмæ уыцы куыстмæ бацæуыныл сразы уы21
дзæн. Ноджы йæ æппынæдзухы хæларзæрдæ мидбыл худт ныфс уагъта адæймаджы. — Стæй ма дын иу цины хабар куы радзурон, уæд нæм тынгдæр байхъусдзынæ æмæ тагъддæр сразы уыдзынæ немæ, — бахудтис та Хасмел æмæ йæ къахыр дæндаг фæзындис. Чызджы цæстытыл дис æмæ фæрсæджы æнгас куы ауыдта, уæд загъта: — Хъуамæ дын æхсызгон уа, дæ фыд Дæгка нæ МТС-ы директорæй кусын райдайынмæ кæй хъавы, уый. Хасмел æвиппайды Зæлинæйы сæрты дуарырдæм фæкастис, чызг бамбæрста, дуарæй чидæр кæй æрбазынд, уый æмæ уыцырдæм фæзылд. Æнахуыр хъæлæсы уагæй фæкодта Зæлинæ «баба», зæгъгæ, æмæ стъолы цурæй азгьордта. Дуар уыдис æрдæггом æмæ Дæгка æфсæрмхуызæй мидæмæ кастис. — Бахатыр кæм, дæ секретарь, æвæццæпæн, искæдæм ауадис æмæ мæхæдæг мидæмæ фæраст дæы, — загъта Дæгка Хасмелæи, фæлæ йын уый дзуапп нæма радта, афтæмæй йæ Зæлинæ, йæ цонгыл ыи ныххæцгæйæ, фæцæйкодта стъолмæ. Стыр уылæнтæджын къæбæлдзыгсæр лæппуйы бæсты урсхил, лæгуынсæр адæймаджы куы ауыдта Дæгка, уымæй дæр мæллæг æмæ йæ цæсгомыл фæзындысты æнцъылдтæ тагтæ, уæд æвиппайды дисауæй аззад. — Æмæ уæ кæрæдзи нæ зонут? — дисгæнгæйæ афарста Зæлинæ. — Æмæ мын, Хасмел, дæхæдæг куы дзырдтай, баба нæ МТС-ы директорæй кусдзæн, зæгъгæ. — Зыдтон æй, фæлæ йæ ныр тынгдæр базыдтон, ды йæм бабайæ кæм дзурыс, уым, — загъта мидбылты худгæйæ райкомы секретарь, стæй райста Дæгкайы къух. Сæ бынæтты куы сбадтысты, уæд ма Хасмел йæ ныхасмæ бафтыдта: — Раст дын куы зæгъон, уæд дæ æз æвиппайды нал базыдтон. Куы базæронд дæ, афтæмæй ма лæппу куы дæ. — Лæппутæ дæр уыдыстæм кæддæр, — бахудти Дæгка. — Иттæг хорз у, Зæлинæимæ нæ ныхасгæнгæ кæй æрæййæфтай, уый. 22
— Æз та дис кæнын, ам цы архайы, зæгъгæ, — мидбыл бахудт^ Дæгка. — Ныхасмæ йæм фæдзырдтам. — Йæ куысты исты рæдыд æруагъта? — Нæ, ахæмæй дзы æппындæр ницы ис. Фæлæ хъусаг нæу дæ чызг, хивæнд у, —загъта Хасмел фæлмæн хъæлæсы уагæй, æмæ Дæгка бамбæрста, йæ ныхæстæ хорзырдæм кæй сты, уый. — Æнæ мад, æнæ фыдæй схъомыл зæронд усы къухы æмæ кæд йæ уды хъæды исты сахъатдзинæдтæ ис, уæд ын ныббар.... Фæлæ дæм цæмæй нæ хъусы? — Нæ рынчындоны сæйраг дохтыры дыууæ азы æмгьуыдмæ ахуыр кæиынмæ арвыстам Ленинградмæ, — зæрдиагæй загъта Хасмел, — уадз æмæ ма истытæ ноджыдæр базона. Æмæ йыи йæ бæсты искæйы сæвæрын хъæуы æви нæ? — Мæн нæ, фæлæ чи сарæхсдзæн, ахæмы, — загъта Зæлинæ. — Хистæр цы дзуры, уымæ уал байхъус, — сдзырдта йæ фыд. — Бахатыр кæн, Хасмел. — Хуыздæр чи сарæхсдзæн, ууыл райком ахъуыды кодта. Æрыгон дæ, хъаруджын, æмбаргæ адæймагæй дæ базыдтам. — Æцæг ма æрыгон æмæ æвæлтæрд у. Куыд ын æнхъæл стут, афтæ хорз куы нæ сарæхса, миййаг, куыст та стыр æмæ бæрнон у, — сабыргай загъта Дæгка, стæй баздæхт йæ чызгмæ. — Фæлæ дæ кæм равзæрстой, кæм дыл æууæндынц, уым тæрсгæ дæр æмæ зивæг дæр ма кæн. Адæймаг куысты фæлтæры, куысты фидар кæны. Æххуыс дын кæндзысты, стыр куыст дын дæ бар чи бакодта, уыдон. — Ды дæр ам кусдзынæ, баба? — æвиппайды афарста Зæлинæ. — Мæнæ уал фенæм æмæ баныхас кæнæм. — Ам кусдзæн, ам, — йæ бæсты дзуапп радта Хасмел. — Дæ фыды хорз нæ зоныс, размæ фæраст, уæд æй иу зындзинад дæр нæ бауромдзæн. Æмæ нæм кæм æрцыдис, уым нæ нал фæлидздзæн. — Æгæр мæ æппæлыс, Хасмел, куы дæ фæсайон. Бирæ нæ абадтысты, фæлæ дзæбæх зæрдиаг ныхæс23
тæ акодтой райкомы секретарь æмæ Дæгка, æрымысыдысты сæ хæстон цард дæр, стæй Хасмел загъта: — Дæу уæдæ МТС фенын фæнды, быдыртыл азилынмæ хъавыс, нæ? — Æвзæр нæ уаид. — Æз мæхæдæг ацæуин демæ, иумæ фениккам, хъуыддæгтæ цы уавæры сты, уый. Фæлæ уал мын бахатыр кæн, иу быцæу хъуыддаджы тыххæй нæм нæ оыхаг районæй æрбацæуинаг сты æмæ сæ куыд ныууадзон. Уыйфæстæ дæр ма нын уыдзæн рæстæг. Ныр та уал МТС-ы зонæйы секретаримæ ацу. Уый æппæт хабæрттæ дæр хъуамæ хуыздæр зона, — йæхæдæг кънопкæ æрæлхъывта, æддейы дзæнгæрæджы хъæр фæцыд æмæ дуарæй секретарь куы бакаст, уæд ын загъта: — Сандырмæ ма фæдзур. Чызг фæстæмæ йæхи уатырда^м акаст æмæ сдзырдта: — Сандыр, Хасмел дæм дзуры, — йæхæдæг иуварс алæууыдис, Сандыры мидæмæ æрбауагъта, æмæ йын йæ фæдыл дуар æрбахгæдта. Зонæйы секретарь уыдис ныллæджытæ, фæлæ мызыхъхъарæзт, къæбæлдзыг сæрыхъуынджын, урсхил; йæ хъусы размæ сырх дардта стыргомау нос. Иæ урс дари хæдоны æфцæггот — гом, гæлифе хæлаф ыл дæрдджын цырыхъхъытимæ. Дæгкамæ афтæ фæкаст, цыма йæ зæнгтæ чысыл æддæмæ къæдз сты, дугъы бæхылбадджытæн куыд вæййынц, афтæ. Стæй йæ, цыма, зоны, афтæ йæм фæкаст. Сандыр æгасцуай загъта уазæгæн. — Исты ног хабар нæм ис? — бафарста Сандыр. Дæгка уыцы хæрз цыбыр саламтæ æмæ ныхæстæ афтæ бамбæрста: Сандыр хъуамæ фæлтæрд кусæг уа, зона йæ куыст æмæ йæ кад йæ бынаты дарын фæразы. — Базонгæ у, — Дæгкамæ ацамыдта Хасмел. — Сохиты Дæгка, æфсæддон инженер, обкамæй кæй тыххæй дзырдтой, уыцы булкъон. Хъуамæ махмæ кусын райдайа МТС-ы директорæй. — Дæгка йæ æфхæрынмæ ма бамбарæд, фæлæ æз рагæй дæр дæн, обком кадртæ йæхæдæг кæй æвзары, уый ныхмæ. Райкомы бон кæд МТС-ы директоры аккаг-лæг ссарын нæу районы адæмæй, уæд ын йæ кусЖ
джыты фæйнæрдæм фæтæрын хъæуы. Районы номенклатурæ дæр уыдоны фæуæд æмæ йæ уыдон фидар кæнæнт, фæлæ кæй сфидар кæной, уый ссарын дæр нæ бон нæу? — Æмæ нæ куы бафæрсиккой, уæд ныртæккæ кæмæй зæгъиккам?' — Æз Дæгкайы тыххæй нæ зæгъын, — фæкъуыхцы йæ ныхасæй Сандыр. — Фæлæ Анди цæуылнæ бæззы? Зæронд партион, рагон кусæг. Хъуамæ цæуылнæуал сарæхсид? Куы ма дзы куыста раздæр æмæ хорз куы арæхсти. — Оу, Сандыр, — йæ къух фæллад тылд акодта Хасмел, — Анди арæхсти, станцæйы ма дыууæ тракторы æмæ иу хæдбæтгæ мæнæугæрдæн машинæ куы уыдис, уæд. Фæлæ дзы ныр цалхуызон æмæ цас машинæтæ ис, уый нымайынмæ дæр нал сарæхсид. Æнахуыргонд у æмæ йын дарддæр уыцы ран кусын зын уыдэæн. — Æмæ æнахуыргонд чи у, уыдон хуыгæстæн дæр нал бæззынц, — æвиппайды фæмæсты Сандыр. — Мæнæ мæхæдæг æнæххæст астæуыккаг скъола дæр нæ фæдæн каст æмæ мæ аппарынмæ хъавут? — Ныхас дæуыл нæ цæуы, — хæрз цыбырæй загъта Хасмел; йæ ныхасы та ахæм миниуæг уыдис æмæ йæм цыфæнды мæсты лæг дæр фæстæмæ карз дзурын нæ фæрæзта. — Обкомæн мæхæдæг загътон, хорз чи сарæхса, ахæм лæг нын ссарут æмæ нын кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй сæ хъуамæ бузныг уæм. — Мах станцæйы ма хорз чи сарæхса, ахæм лæг исчи ссара, — йæ къух ауыгъта Сандыр æмæ бапъирозты къопп Дæгкамæ бадардта. — Æмæ зонæйы секретарь дæхæдæг куы дæ, уæд кæмæй хъаст кæныс? — Мæхицæй æппæлыны ныхас дæр мæ куы нæ схаудта. Стæй дзы мæн аххосæй иу хъуыддаг дæр нæ фехæлд, — æлхыскъ ныхасыл фæцис Сандыр. — Уæдæ цæут Дæгкаимæ æмæ æркæстытæ кæнут хъуыддæгтæм, ахъуыды кæнут, дарддæр иумæ куыд кусдзыстут, ууыл, — сдзырдта Хасмел, йæхæдæг сыстад, райста сын сæ къухтæ, æмæ куы -рацæйцыдысты, уæд ма Зæлинæйæн загъта: 25
— Дæумæ та бюромæ, æвæццæгæн, цыппæрæмы фæсиддзыстæм æмæ цæттæ у. 6 Сæ рацыдмæ ма Алтег бæласы бын бадтис æмæ сæ дуарæй рахизгæ куы федта, уæд рæвдз фестад. Дæгка машинæйы сбадт æмæ фæстæмæ фæкаст. Алтег æмæ Зæлинæ фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты. «Уарзгæ йæ ма бакæнæд мæ чызг, — ахъуыды кодта, куы араст сты, уæд. — Æмæ ахæм рæсугъд, хæрзæгъдау лæппуйы куы бауарза, уæд уым диссагæй цы ис?» —Стæй уыцы хъуыдытæй фæхицæн æмæ фæрсырдæм бакастис Сандырмæ. Уый кастис æмраст размæ æмæ йæм тынгдæр зындис йæ нос. Цæф, æвæццæгæн, уæззау цæф уыдис æмæ хъусы уæллаг æмбис дæр ахаста. Сандыр бафиппайдта, Дæгка йæм фæроырдыгæй кæй кæсы, уый, æмæ, йæ размæ каст иæ фехалгæйæ, загъта: — Уæдæ æфсæддон службæ фестæм! Ныр та граждайнаг куыстмæ, нæ? — Фестæм. Хæстæн йæ кой дæр дæлæмæ ныххауæд. Æфсад дæр уый тыххæй дарынц. Ды дæр ауæдтытæ кодтай хæсты быдырты, æвæццæгæн? — Нæй, нæ мæ ауагътой... Мæ къухы нæ бафтыд,— цыма уый тыххæй ныр дæр кæмæдæр мæсты у, ахæм хуызы загъта Сандыр. — Уæдæ дæ нос ног нооы хуызæн куы у? — Уый та циу! Партизанты отряды къамандир уыдтæн. Æрæфы былыл. Иу хатт гитлеронтимæ кæрæдзи тæрсæн гæрæхтæ бакодтам æмæ мын фæцъæррæмыхст. — Сандыр басусæг кодта, уыцы «тæрсæнгæнæн гæрæхтæй» æрмæст йæхæдæг дыууæ немыцаг афицеры æмæ фондз салдаты кæй амардта, — иу немыцæгты æфсæддон хай Æрæфы былыл æнæхъæн суткæ æмæ æрдæг кæй баурæдтой æмæ йын Сырх Тырысайы орден кæй радтой, уыдæттæ. — Хæст бæллæх у. Адæймагыл дзы цы нæ фыдбылыз æрцæуы, — загъта хъуынтъызхуызæй Дæгка. Стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Ныр стыр фæн26
дагæй хорты æхсæнты фæндагмæ куы ахизиккам, уæд быдыртæ хуыздæр феииккам. — Ног кусæджы цæст ревизоры цæстæй уынагдæр вæййы. Куысты цы хъуагдзинад нæ бафиппайдзæн, ахæм нæй, — загъта Сандыр. — Уый æвзæр нæу, хъуыддаг сраст кæныны тыххæй йæ куы фæкæна, уæд. — Сраст кæныны тыххæй, — бустæгæнæгау загъта Сандыр. — Дæс æмæ ссæдз азы дæн разамынды куысты æмæ цыхуызæн кусæг нæ федтон, ахæм нал ис. — Æмæ иууылдæр иухуызон вæййынц? — къахæгау æй бафарста Дæгка. — Иухуызон нæ вæййынц, вæййы дзы дзæбæхдæртæ дæр. Фæлæ сæ фылдæр афтæ сты — куы æрцæуынц, уæд сахъæттæ агурын райдайынц, хъæр кæнынц, хъуыддаг фесæфт, зæгъгæ, исты, бакæнын сæ къухы куы бафта, уæд сын стырдæр аргь куыд кæной, афтæ. Куы ницы бафты сæ къухы, уæд та, мæ разæй чи куыста, уыдон бæстæ фесæфтой æмæ ма æз цы бакодтаин, зæгъгæ, фæдзурынц. — Æмæ уæддæр сæ фылдæр ахæмтæ сты, зæгъыс? — Сæ фылдæр, зæгъгæ, мын, чи зоны, æгæр карз ныхас фæцис. Ахæмтæ дæр дзы бирæ вæййы... Фæлæ иумæ сарæхсдзыстæм. Æз мæ бон цы у, уымæй æххуыс кæнын, мæ къухы цы адæм кусы, уыдонæн. Нæ мæм хъусынц, мæ амындтытæ мын не ’ххæст кæнынц, зæгъгæ, уæд та сын сæ бынат дæр ссарын. Кæнæ æгæр ныхасгæнаг, кæнæ хицæй æппæлаг фæкастис Дæгкамæ Сандыр, фæлæ ницыуал сдзырдта, — фыццаг сæмбæлдæй лæгæн аргъ скæнын раст нæ уыдзæн, зæгъгæ, ахъуыды кодта. Сандыр йæ ныхасмæ нæхъусæгæн куыддæр «бынат ссардта», афтæ Дæгка æрдæгбур, бæрзонд, бæзджын мæнæуы астæу ауыдта тауæн машинæ æмæ йæм къухæй ацамыдта: — Цæмæн лæууынц машинæтæ хуымты æхсæнты? Иу ран тракторы гутæттæ федтон, ам та æнæхъæн тауæн машинæ лæууы мæнæугæрдæнмæ æввахс. — Фиппайгæ сæ хорз кæныс, фæлæ уыцы хъуагдзинад сраст кæнын ис дæ зæрды, æви сæм æнцадæй кæсдзынæ? — дзырдта Сандыр, Дæгкайы ныхасæй кæй ацахста, уымæй разы уæвгæйæ, фæлæ йын уый йæ 27
ныхасыл куы нæ бахудт, уæд загъта: — Машинæтæ сæрды кæм уой, уый та цы уæлдай у. Уарыны дон сыл нæ хæцы, ахус вæййынц уайтагъд. — Нæ, бахатыр кæн, æз афтæ не ’мбарын хъуыддаг; машинæ кусынмæ цы ранæй ацæуа, фæстæмæ уым хъуамæ сæмбæла, куынæуал хъæуа, уæд. Афтæ у æфсады, афтæ хъуамæ уа ам дæр. — Æфсады æмæ ам æмхуызон не ’ххæст кæнынц, кæмæн цы зæгъай, уый. Уым ныхас закъон у, ам та ма дæ, чи зоны, йæхинымæры æлгъитгæ дæр ракæна, фæлæ хъуыддаг нæ сараздзæн... Коммунизмы нæма стæм, коммунизмы, мæ хæлар, адæммæ се ’ппæтмæ коммунистон зондахаст нæй... — Æмæ семæ кусын хъæуы, кусын! — Мæнæ ныр дæхæдæг кусдзынæ семæ, — цыбырæй загъта Сандыр, æмæ ма йæхинымæры ахъуыды кодта: «Дзурын æнцон у, фæлæ дчы цы бакæнай, уый дæр тагъд фендзыстæм». — Райдайын та хъæуы мæнæ ацы æнæуаг пырхытæй. Æрæмбырд сæ кæнæм, — загъта Дæгка. — Ныртæккæ сæм нал сарæхсдзыстæм, куы хъæуид, уæддæр, стæй сæ МТС-хмæ ласын хъæугæ дæр уыйбæрц нæ кæны. ’— Куыд нæ хъæуы? Уæдæ куыд кæрддзыстут, — фæстæмæ йæ къухæй ацамыдта Дæгка, — уартæ тауæн машинæ йæ астæу кæмæн лæууы, уыцы мæнæу? — Уый циу. Иунæг тауæн йедтæмæ ма у, æмæ йæ фæндагмæ раппар. — Цас мæнæу ныддæрæн кæндзæнис, уый нымайгæ нæу? Æви иу гага дæр нæ фесафдзыстæм, зæгъгæ, æмбырдты дзурдзыстæм, зæххы та æнæхъæн кæритæ уадздзыстæм? — Дæуæй бирæ кæстæр нæ дæн, разамъшды куысты дæр дæс æмæ ссæдз азы фæдæн, уыдонæй дыууадæс азы райкомы фыццаг секретары бынаты, афтæмæй мын цыма æгæр зондамонæн ныхæстæ кæныс, — тæргайхуызæй загъта Сандыр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, — æфсады кæстæр афицер хистæрмæ нæ фæдзуры, æмæ ам дæр хъуамæ афтæ уа! • — Бахатыр кæн, зонд амонинаг никæмæн дæн, фæлæ куыд хъуыды кæнын, уый дын мæ зæрдæйы 28
рæстæй зæгъын. Æнæуи та æфсады дæр æмæ ам дæр чи хистæр у, уымæ нæ, фæлæ хуыздæр уынаффæ кæмæ равзæрыд, уымæ куы хъусæм, уæд растдæр уыдзæн. Сæ ныхасы карз зæлтæ кæй фæзындис æмæ ма дарддæр куы дзура, уæд сæ карз быцæумæ кæй æркæндзæн, уый сæ дыууæ дæр бамбæрстой æмæ ныхъхъус сты. Æрмæст ма Сандыр гъыхъым-гъыхъым, зæгъгæ, бакодта. — Хортæ диссаджы зад æркодтой ацы аз, — загъта Дæгка, ныхас фæфæлмæндæр кæнынæн. Фæлæ йын Сандыр дзуапп нæ радта. Машинæ сæ скъæфта æнæкæрон мæнæуы быдырты æхсæнты. Бæлццæттæ фæйнæрдæм фæлгæсыдысты, алчидæр сæ йæхи хъуыдытæ кодта. Нæ фæцыдис Дæгка Сандыры зæрдæмæ фыццаг сæмбæлдæн: йæ булкъоны цинæй, йæ бирæ хорзæхтæй сæрыстыр у, æмæ цыма Сандыры къухы кусынмæ не ’рцыдис, фæлæ йын зонд амонынмæ фæзынд, йæхи афтæ дары. Нæ фæцыдис Сандыр дæр Дæгкайы зæрдæмæ. Чи зоны, рагæй кусы æмæ фæлтæрдджын кусæг у, фæлæ дзы Дæгкайы зæрдæмæ цынæ фæцыд, уый йæхæдæг дæр нæма æмбæрста. Быдыртыл æрзылдысты æнæдзургæйæ. Бирæ ныхас сæм нæ рауадис, МТС-ы агъуыстытæм куы æрбахæццæ сты, уæд дæр. Æрмæст-иу Сандыр цыбырæй загъта Дæгкайæн, чи кæм кусы, уый — пълангæнæг, хистæр инженер, сæйраг бухгалтер... — Мæнæ уый та уыдзæн дæ приемнæ, мидæгæй та дæ кабинет, — «директор», зæгъгæ, фыст кæуыл уыдис, уыцы дуармæ ацамыдта Сандыр. — Мæнæ Валя та уыдзæнис дæ секретарь, — ацамыдта Сандыр æрыгон чызгмæ. — Гъе уыдон сты МТС-ы кусджытæ? — Уыдон, — цыбыр дзуапп радта Сандыр. — Ам хъуамæ агрономæй куса Джизалаты Гæбæтийы чызг Валя, æмæ йæ куы нæ федтам? Искуыдæм ацыдис? Чызг ныссырх ис, йæ сæр æргуыбыр кодта, афтæмæй лæууыдис. 29
— Мæнæ Валя йæхæдæг дæ цуры куы лæууы, — загъта Сандыр. Дæгка дисгæнгæ бакасти ирдцъар дæргъдзæсгом, рæсугъд чызгмæ. Валяйæн уыдис бæзджын дзыккутæ æмæ сæ йæ сæрыл биноныг тыхтæй рæсутъд дардта. — Æццæй ды дæ Гæбæтийы чызг? — Мæнæн фыд нæй, — сабырæй загъта чызг æмæ йæ сатæгсау цæстытæй комкоммæ бакаст Дæгкамæ, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыдис, ахæм дзуаппы тыххæй мæ æрра ма фæхон, зæгъгæ. — Уый та куыд, — бадис кодта Сандыр, — Джизалатæй нæ дæ? Дæ ном Валя нæ хуины, Гæбæтийы чызг дæн, зæгъгæ, нæ фыссыс? — Уыдон иууылдæр раст сты, фыды ном дæр афтæ фыссын, фæлæ мъш фыд нæй, — скæуынмæ йæ бирæ нал хъуыдис, афтæмæй дзырдта чызг. — Хорз, хорз, Валя. Æз дæ хорз æмбарын. Æмæ уый тыххæй æндæр хатт аныхас кæндзыстæм. Фæлæ æз афтæ куы фехъуыстон, хъæууонхæдзарадон институт, дам, каст фæдæ? Æви мæ сайгæ фæчынди? — Афтæ у,—уайдзæфгæнæгау загьта Валя. — Æмæ уæд ам цы ми кæныс? — Нæ директоры афтæ бафæндыд. Иухатт йæ секретарь йæ фæллад уадзынмæ цыдис æмæ йын йæ куыст рæстæгмæ мæ бар бакодта. Мæ куыст тынг фæцыдис йæ зæрдæмæ æмæ’ мæ афтæ секретарæй ныууагъта. — Æмæ дæхæдæг та куыд сразы дæ ахæм хъуыддагыл? — Нæ куымдтон, мæсты кодтои, фæлæ цæссыгтæ дон йедтæмæ ницы сты æмæ бахус вæййынц. — Æмæ дæ мызд та? Агроном æмæ секретарæн æмхуызон мызд куы нæ фидынц? — Мызды тыххæй мæ нæ бафхæрдта, фиды мын агроном-плановичы мызд. Дæгка фæрсæг каст бакодта Сандырмæ. Уый йе ’уæхсчытыл схæцыд æмæ ницызонæджы хъæлæсы уагæй загъта: — Æрмæст абон фехъуыстон ацы хабар. — Фæлæ Валя агроном у æмæ йæ секретарæй кусгæ та рагæй куы уыныс. 30
—■ О, фæлæ æз æцæг ууыл никуы ахъуыды кодтон. — Æмæ уæдæ куыд, Валя? — баздæхт Дæгка чызгмæ. — Мæнæ ног директоры æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсын, йемæ баныхас кæндзынæн. Кæд мæ ауадза мæхи куыстмæ, уæд хорз, кæннод бынтондæр ардыгæй ацæудзынæн æндæр ранмæ. — Цæутæ никуыдæм акæндзынæ, Валя, фæлæ ма афтæ бакæн, æмæ горæтæй цалынмæ æрыздæхон, уæдмæ иу дзæбæх чызг ссар, секретары куыстмæ чи сарæхсдзæн, ахæм. Дæхæдæг та дæхи куыст райдайдзынæ. — Уæ ног директор Зæлинæйы фыд у, — бамбарын кодта Сандыр чызгæн æмæ Дæгкамæ баздæхт: — Дæ чызг Валяйы рагон хæлар у. Цæргæ дæр иумæ кæнынц, дæ каистæм. — Уый та ноджы хуыздæр, — сдзырдта Дæгка. Валя фыр дис æмæ æхсызгонæй йæ армытъæпæнтæ йæ уадултыл авæрдта æмæ лæугæйæ баззадис. Ныр æм Дæгка йæ къух куы бадаргъ кодта, уæддæр æм æнцад кастис йæ хъоппæг цæстытæй, стæй æрæджиау загъта: — Æмæ нана æмæ Зæлинæйы фенынмæ нæ бауайдзынæ? — Зæлинæйы федтон. Ианайы дæр афарстон, æмæ йæм, æвæццæгæн, ацы хатт нæ бауайдзынæн. Цыппæрæмы æрцæудзынæн æмæ уæд иууылдæр иумæ нæ уыдзыстæм? — бахудт Дæгка, йæхæдæг чызгæн хæрзбон загъта æмæ Сандыримæ машинæмæ рацыдис. 7 Зæлинæ райкоммæ куы бацыд, уæд Алтег дуармæ сбадтис æмæ чызджы рацыдмæ æнхъæлмæ каст. Хъуамæ йемæ ацæуа суанг рынчындоны онг. Æппынфæстаг дзы дзуапп райсын хъæуы — комы йын æви нæ. «Нæ»-йыл хъуыды дæр нæ кодта Алтег. Цавæр чызг хъуамæ ма рахона йæхи амондджын, хъæуы зарагдæр æмæ кафагдæр лæппу йæм куы бадзура, уæд. «Нæ» йын нæ зæгъдзæн Зæлинæ, фæлæ йын фидауынмæ кæдмæ æмгьуыд кæны, уымæй йæ хъуамæ бафæрса. Уалынмæ машинæ райкомы дуармæ куы æрлæууыдис, 31
æмæ дзы Дæгка куы рахызтис, æрмæст уæд æрбалæууыдис йæ зæрдыл, Зæлинæйæн фыд кæй ис æмæ уыимæ дæр дзурын кæй хъæуы, уый. Дæгка дæр райкомы агъуысты куы фæаууон, уæд Алтегмæ ахæм хъуыды дæр фæзындис, зæгъгæ, йæм банхъæлмæ кæсон æмæ йын комкоммæ зæгъон: афтæ æмæ афтæ, æз æмæ Зæлинæ кæрæдзи рагæй уарзæм æмæ нын амондджын цардмæ фæндаг ратт. Цы худинаг у ахæм æргом ныхас ныртæккæйы рæстæджы, уæлдайдæр Дæгкайы хуызæн ахуыргонд лæгимæ? Зæгъын та йын æнæмæнг хъæуы, цæмæй оын сæ фидыд æмæ чындзæхсæв фæтагъддæр кæна. Тагъд та тынг кæны Алтег. Ахуыргонд æмæ рæсугъд ус хорз куыд нæ у. Ницы куыстыл хæст у Алтег, æмæ йæм куыд кæсы, афтæмæй уый йæхи аххос нæу. Дæс къласы тыххæйты каст фæцис, æмæ нæ бахаудта институтмæ, стæй йæ ахæм уæлæнгай зонындзинæдтимæ искуы уæлдæр скъоламæ райсдзысты, ууыл зæрдæдарæн нæ уыдис æмæ æрæнцад сæхимæ. Къухмæ рувæн, кæнæ цæвæг райсын не ’рхаста йæ сæрмæ. Ау, дæс къласы каст куы фæцис, уæд æй рувæньг хъæдыл хæцыныл фæцахуыр кодтой. Хæдзары иунæг хъæбул уыд мадæн æмæ дзы уый дæр оау куыст никуы бадомдта. Скъола та иппæрд уыд колхозы цардæй æмæ никуы ацахуыр кодта йæ фæсивæды сау куыстыл. Фæлæ сæ-иу искуы иу хатт ахуыргæнæг Залхан куы акодта куыстмæ, уæд-иу акуыста быдыры йе ’мбал скъоладзаутимæ æмæ хорз зоны, кусын æнцон кæй нæу, уый. Кæд-иу мæнг æвнæлдтытæ акодта, уæддæр-иу «мæлæтдзаг» фæцис æмæ-иу æнæхъæи къуыри «фæоадис». «Æмæ афтæ, хæрæджы куыст кæнгæйæ, куы æрвита адæймаг йе ’взонг бонтæ, уæд ма цæргæ та кæд кæндзæнис?» — хъуыды кодта Алтег. Хицауы куыст ын нæ лæвæрдтой, ахуыр та ницæуыл скодта æмæ йæхи ницæмæй зылын кæны Алтег, афтæмæй цæры æнæмæтæй. Мад хорз куыста колхозы æмæ йæм бирæ æфтиаг цыдис æхцайæ дæр æмæ хорæй дæр. Хæдзары цы уыдис, уыдон та иууылдæр Алтеджы уыдысты. Ницы йын æвгъау кодта мад. Уæд 32
лæппу фæцахуыр ис горæтмæ цæуыныл æмæ ресторантыл зилыныл дæр. Цас æй хъæуы? Автобусы билет у æрмæст æртæ сомы. Сæ тæккæ хæдзары раз æрлæууы райсомæй дæр æмæ изæрæй дæр, расписани цыма Алтеджы фæндонмæ гæсгæ арæзт у, афтæ. Ницы йæм дзуры мад. Фондз лæппуйы æмæ йын дыууæ чызджы райгуырдис, æмæ йын фондзаздзыдæй фарастаздзыдмæ амардысты. Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ федта мад Алтегæн тæрсгæйæ. Бирæ фæкуывта зæдтæ æмæ дауджытæн, æмæ йын æй цыма уыдои фервæзын кодтой, афтæ йæм кастис. Æмæ уадз æмæ лæппу парахат цард акæна, стæй бинойнаг æрхæсдзæн æмæ бабирæ уыдзысты. Чи зоны, æмæ йæ рæстæджы Алтег фæллой кæнын кæй нæ бауарзта, уым мад æппæтæй аххосджындæр уыдис. Уый йæ нæ уагъта куыстмæ æмæ йæм-иу сæрды мæйты куы æрбадзырдтой, де ’мгæрттимæ быдырмæ ауай, зæгъгæ, уæд сын-иу мад дзырдта: — Мах лæппуйæ уын кусæг нæй æмæ йæм ма дзурут. Уыцы иунæгыл лæууы мæ уд. Æмæ йæ æз колхозы кусыныл нæ ахуыр кæиын. Афтæмæй лæппу йæ царды фæндаг йæхи хуызæттимæ ресторантыл акодта æмæ мады фæллæйттæ уым хæрын байдыдта. Уыцы ран — рестораны — базонгæ Суцца æмæ йæ иннæ æмбæлттимæ дæр. Куыдфæстæмæ нал фаг кодтой, мад колхозæй цы æфтиæгтæ иста, уыдон æмæ уæд зæронд ус арахъхъ уадзыныл фæцалхи. Куыстæй-иу куы æрцыдис, уæд-иу æхсæвыгæтты арахъхъ уагъта æмæ йæ уæй кодта. Фæлæ цæмæйдæр фæсахъат, æмæ нал цæуы куыстмæ, хæдзары дæр ма мæнг зилæнтæ акæны, æндæр уæззау куыстытæм йæ ныфс нал хæссы. Æмæ Алтег æнкъард кæны. Горæтмæ ма суайы, фæлæ дзы цы пайда ис, дзæгъæл леккайæ уæлдай, рестораны куы нæ абадай, уæд? Гъе æмæ Зæлинæимæ куы бафидауид, уæд тынг хорз уаид. Рæсугъд у, уый алчидæр зоны. Ахуыргонд кæй у, уый та уæлдай хуыздæр. Фæлæ... бирæ мызд исы; ноджы фылдæр исдзæн, рынчындоны сæйраг дохтыр куы суа, уæд. Стæй рынчынтæй хæдзармæ чи цæуа, уыдонæй хъуамæ æхца цæуылнæ иса, йæ куыс3 Адæм а’æм сты 33
ты сахæттæ куынæ сты, миййаг. Алтег ын зæгъдзæн йæхæдæг, йæ ус куы бауа, уæд, æхца сæ куыд иса, афтæ. Чызджы фыд цы æхцатæ исдзæн, уыдон дæр уый кæй уыдзысты, ууыл дæр лæппу ахъуыды кодта, Дæгкайы машинæйæ æрхизгæ куы федта, уæд. Йæ чызгæн дæтдзæн йе ’хца, уæдæ йæ æндæр цæмæн хъуамæ хъæудзысты, æмæ уымæй та Алтеджы дзыпмæ хаудзыстьь «Ехх, æвæдза, уæд горæты ресторанты графинтæ æмæ æвгтæ бахус кæнин, æмæ адæм фениккой, Алтег куыд цæры, уый». йæ комдæттæ уайынц кæйдæр бынтæм æнхъæлмæ кæсынæй æмæ цæмæй йæ къухы тагъддæр бафтой, ууыл архайьь Уымæн сфæнд кодта, Дæгка райкомæй куы рацæуа, уæд ын комкоммæ зæгъдзынæн, зæгъгæ, Зæлинæимæ кæрæдзи рагæй уарзæм æмæ нын нæ амонд сиу кæн. Чызг ын йæхæдæг комкоммæ дзуапп нæма радта, фæлæ фыдæн ныхас куы зæгъа Алтег, уæд уый дæр ницыуал зæгъдзæни. Чи зоны æмæ ма йын æхсызгон дæр уа, хъуыддаг афтæ тагъд æмæ æнæнхъæлæджы хорз кæй рауадис, уый. Фæлæ Дæгка æмæ Зæлинæ Сандыримæ куы рацыдысты, уæд йæ хъуыдытæ тарст цъиуты балау фæйнæрдæм ныппæррæстытæ кодтой æмæ сæ иуы дæр нал æрцахста. Йæ бадæнæй фестадис æмæ æнцад лæууыди, æндæр цы кодтаид, уый нал зыдта. Дæгка æмæ Сандыр машинæйы сбадтысты æмæ араст сты. Зæлинæ та Алтегмæ кæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй сæхимæ фæцæйцыд. Ау, æмæ йæ кæд рынчындоны сæйраг дохтыры бынаты æвæрынц, уæд æвиппайды афтæ ахъал ис æмæ Алтегмæ кæсгæ дæр мауал кæна?! Иæ фæдыл ацыдис тагъд-тагъд æмæ йæ куы баййæфта, уæд æм сдзырдта, æрмæст Алтег куыд зоны фæлмæн хъæлæсы уагæй дзурын, афтæ: — Зæлинæ, цы дын кодтон, фæстæмæ дæр мæм куынæуал фæкастæ? — Æмæ йæ хæдфарсмæ цæуæг фæцис. — Мæ хъуыдытыл фæдæн æмæ дæ не ’рхъуыды кодтон. — Нæ, Зæлинæ, ныронг мæм цы цæстæй кастæ, уы34,
цы цæстæй мæм нал кæсыс. Ныууазал мæм дæ зæрдæ æмæ мæ уый æрра дæр кæны æмæ маргæ дæр. — Уæдæ æрра дæр ма су, мæлгæ дæр ма акæн. Æз дæм кæсын, рагæй дæм цы цæстæй кастæн, уымæй, — загъта Зæлинæ, стæй йæ мидбылты бахудтис æмæ йæм фæрсырдæм бакасти. — Æмæ цавæр цæстæнгас у, уый мæн бæлвырдæй зонын хъæуы, кæннод мæ зæрдæ дызæрдыгдзинады арты басыгъдис, — Зæлинæйы цонгмæ фæцæйæвнæлдта Алтег, фæлæ чызг ахæм митæ кæй нæ уарзы, уый фæхъуыды кодта æмæ йæхи фæурæдта. — Дзæгъæлы цæмæн судзын кæныс дæ зæрдæ, — йæхи æнцад даргæйæ, сдзырдта Зæлинæ, йæ зæрдæ та риуы ахст цъиуау пæр-пæр кодта. — Уарзгæ дæ кæнын, Зæлинæ, æвæццæгæн, зæххыл куыд ничи никæй уарзта, афтæ. Уый дын æдзухдæр æмбарын кæнын, фæлæ дæ нæма фехъуыстон, уæд та чысыл зæрдæ фæдарæн кæуыл уаид, ахæм дзуапп. — Æмæ дын дæ зæрдæ чи басабыр кæнид, уый хъуамæ цавæр ныхас уа? — хъазтфæлгъаугæ дзырдта Зæлинæ, йæхæдæг та хъуыды кодта, цы йын зæгъа, ууыл. Рагæй дзуры лæппу йæ уарзондзинады тыххæй, æмæ, иуæй-иу чызджытæ куыд фæкæнынц, афтæ барæй дзуапп даргъ ивазын хорз нæу. Фæлæ йын цы зæгъа, уый нæма алыг кодта. Р1æ зæрдæмæ та лæппу фыццаг сæмбæлдæй нырмæ дæр цæуы. Фæлæ уыйфæстæ Алтеджы хабæрттæ бæлвырдæй базыдта. Скъолайы фæстæ ницы хъуыддагыл ныллæууыд. Цалдæр азы дæргъы йæ мады хардзæй бæрæгбоны цард кæны. Фæлæ уарзондзинады цæфы хъæдгом дзæбæх нæ кæны. Æмæ йын Алтег фыццаг хатт æфсæрмы хуызæй йæ уарзондзинады кой куы скодта, уæд ын æвиппайды «нæ»-йы дзуапп нæ радта, æрмæст ын загъта: мой нæма кæнын, зæгъгæ. Уый та, лæппумæ гæсгæ цыфæндыйæ дæр чызджы фыццаг дзуапп у, æмæ йæ разыдзинадыл банымадта. 8 Изæры Валя йæ куыстæй иннæ бонтæй раздæр æрбацыдис. Цавæрдæр диссаджы æнкъарæнтæй байдзаг 35
йæ зæрдæ. Цыма Зæлинæмæ хæлæг кæны, йæ цардцæрæнбонты куыд никæмæ хæлæг кодта, афтæ, уый хуызæн æм кастис. Æмæ хæлæггæнаг куы никуы уыдис! Нæ, уый хæлæг нæу. Уый йæ зæрдæйы амонды æнкъарæнтæ сæвзæрыд, Дæгкайы куы федта, йæ уарзон кæнгæ хойы фыды куы базыдта, уæд. Фæлæ ма йын йæ амонды иучысыл цыдæр хъыг дары, иучысыл цыдæр ын нæ фаг кæны, æмæ йæм, æвæццæгæн, уый кæсы хæлæджы хуызæн. Æбæрæг æнкъарæн æй тыхсын кодта æмæ йæхицæн бынат иал ардта, куыстмæ йæ къух нал тасыд. Æниу ын цас куыстытæ уыдис æнæ директорæй, — гæххæттытæ, кæмæты сын æмбæлы, уыдонмæ ратт, иннæты цæвæр сæ бынæтты æмæ—куыст фæцис. Стæй æнцад сбад, рудзынгæй кæс МТС-ы кæртмæ, дыргъдонмæ. Уыцырдæм арæзт уыдис рудзынг, æмæ бад дæхицæн, хъуыдытæ кæн (чызгмæ та хъуыдытæ кæд нæ вæййы), кæнæ кæс исты худæджы чиныг (æнæуи æнкъард уæвгæйæ, Валя худæджы чингуытæ кæсын уарзта). Фæлæ йын Дæгкаимæ фембæлд сфæйлыдта йæ зæрдæ æмæ йæ уыдæттæм дæр нал æвдæлдис. йæхи цæмæндæр дунейы æппæтæй амондджындæр рахуыдта (ахæм уæздан адæймагимæ кусын дæр исты у). Фæлæ цыма стыр æпамонд у, афтæ дæр æм кастис. Фæндыдис æй йæ хъуыдытæ искæмæн радзурын. Уæд зæрдæйæн фенцондæр уаид, стæй йæ æнкъарæнтæ йæхæдæг дæр бæлвырддæр равзарид. Æмæ ахæм сахат та Зæлинæйæ хуыздæр кæимæ аныхас кодтаид? Уый алцы бамбарын дæр æмæ равзарын дæр фæразы. Валя йæ куыстытæ бабиноныг кодта, цыдæр æфсонæй йæхи ракуырдта сæйраг инженерæй æмæ сæхимæ рацыд. Уыцы афонмæ Зæлинæ дæр хæдзары вæййы, фæлæ абон цæмæндæр нæ фæзынд. Иæ фыдимæ горæтмæ цæуыныл ма фæуæд (Валяйы зæрдæйы ныр æцæг фæцагайдта хæлæгдзинад)? Фæлæ нæ, ахæм цыдтытæ нæ фæкæны. Йæ цыды хабар цыфæндыйæ дæр фехъусын кодтаид нанайæн. Уый та ницы фехъуыста æмæ йæхæдæг дæр катай кæны. Телефонæй йæм кæй нæ бадзырдта, ууыл фæфæсмон кодта Валя. — Дæ фæхъхъау фæуон, Валя, уый дæр зындзæн,— загъта йын нана. — Æвæццæгæн æм æнафоны æрбалас36
той ног рынчынтæ æмæ уыдонимæ бафæстиат, кæнæ та йæ рынчынтæй исчи тыхстдæр у. Доны бедра уал мын æрбадав. Мæ фæсонтæ та риссынц æмæ мæхæдæг мæ ныфс нæ ахастон. — Дон? Дон æз ныртæккæ æрбаскъæфдзынæн. Дæхæдæг æппындæр макуыуал ацу донмæ, мах бар æй уадз. Ды зæронд куы дæ. — Зæрондæй дæр зæронддæр, мæ гыццыл хъæбул, æмæ ма дæу æмæ Зæлинæйы исты куы фæкæнин, уæд мын ме ’нусон бынат ссарын афон дæр у. — Ныууадз ма-иу, нана, ахæм ныхæстæ, — фæлмæн бустæ йын бакодта Валя, «исты уæ куы фæкæнин», кæй загъта, уый тыххæй. Нана та йæ афтæ бамбæрста, зæгъгæ, мæлыны кой кæй кæны, ууыл бустæ кæны, æмæ фæлмæндæрæй йæ ныхасыл бафтыдта: — Афон М’Ын у, афон, дæ рын бахæрон, фæлæ мæ сымах хъыгдарут. Уæ бынæттæ куы ссариккат, кæннод уæ афтæмæй куыд ныууадзон? Иу’фæйнæ расыггæнаджы разæй уæ уæддæр куы фæкæнин, — æмæ йæ мидбылты бахудтис. Æвæццæгæн, æрымысыдис, чызгæн ахæм ныхæстæ куыд æхсызгон вæййынц, уый. — Цæй-ма, нана!—хъазгæ бустæ та скодта Валя, йæхæдæг айста дыууæ бедрайы æмæ ацыд дон хæссынмæ. Дуарæй куы ахызти, уæд уынджы фæзындис Зæлинæ æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. Куы йæм бахæццæ, уæд æй, æнæ исты дзургæйæ, йæ уæгъд къухæй æрбахъæбыс ко’дта æмæ гыццыл чызгау дарддæр азгъордта. Зæлинæ, йæ мидбылты худгæйæ, йæ фæдыл акаст æмæ йæм адзырдта: — Æндæр ма? — Æндæр мурдæр ницы, — загъта Валя, стæй цæмæндæр йæ цæсгом мæстæй марыны фыдынд æнцъылдтæ акодта æмæ дарддæр даргъ къахдзæфтæй ацыд. Афтæ кæнаг уыдис Валя, истæуыл-иу тынг куы цин кодта, уæд, æмæ Зæлинæ дисы бафтыд, цæмæй хъуамæ афтæ бахъæлдзæг уыдаид, зæгъгæ. йæ хъуыдыйы дæр не ’рцыд, Валяйы хъæлдзæгдзинад æмæ цины аххос Дæгкайы æрцыд кæй уыд, уый. Фæлæ донхæссынæй куы сыздæха, уæд ын радзурын кæндзæн, йæ цин цæуыл у, уый. 37
Валя Зæлинæйы сæййæфта диваны иу кæрон бадгæйæ, æмæ куыддæр бедратæ æрæвæрдта, афтæ уайтагъддæр йæ фарсмæ абадтис, йæ астæуыл ын йæ къухтæ атыхта æмæ йыы комкоммæ йæ цæстытæм бакаст. — Исты хъылма бахордтай æмæ æрра сдæ, æви дыл цы æрцыдис абон, — цыма дис кæны, ахæм хуыз æвдисгæйæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ, бафарста Зæлинæ. — Дæуæй... дæуæй амондджындæр адæимаг нæй зæххыл, Зæлинæ. Уыйбæрц амондджын дæ, æмæ ма æз дæр дæу амондæй цæрын. Хæлæггæнаг нæ дæн, уый мæхицæй хуыздæр зоныс, æмæ дын æргом ныхас зæгъын. — Уагæр цы у, дунейыл мæ æппæтæй амондджындæр цы скодта? — загъта Зæлинæ æмæ æнхъæлмæ кастис, цы йын радзурдзæн, уымæ. — Дæуæн ис нана, зæронд устытæн сæ тæккæ хуыздæр, æмæ ма æз дæр амондджын дæн йæ дæлбазыр æнцад, æнæмастæй кæй цæрын, уымæй. Фæлæ æз дæуæн цы фыд федтон абон... — æмæ дарддæр цы загътаид, уый нал зыдта, афтæмæй комкоммæ кастис йе ’мбалы цæстытæм. Валяйы цæстытæ уымæл кæнын райдыдтой. — Мæнæн цæуылнæ ис фыд? Дæ фыды хуызæн дæр ма уæд, уый дæу куыд уарзы, афтæ дæр мæ ма уарзæд, фæлæ мын уæддæр исчи кæй ис, уый куы зонин æмæ мæ чидæр кæй уарзы, ууыл мæ зæрдæ куы дарин, уæд амондджын уаин. — Ис дæуæн дæр фыд æмæ дæ уарзы. Уый тыххæй дæм-иу æрцыд ардæм, фæлæды дæхи æмбæхстай, нæ йын куымдтай йæ лæвæрттæ. — Нæй, нæй мæнæн фыд. Æндæр дард æрвадæлты фæсдуары не ’схъомыл уыдаин æфхæрæн æппаргæ къæбæртæй. Фыд! Фыд мын куы уыдаид, уæд мæ мæ гыццылæй мæ мадимæ куыдзы къæбылайы уагъд нæ ныккодтаид (уыцы ныхас йæ мадæй фехъуыста гыццылæй). Куыд хæлæг кодтон сывæллонæй, фыдæлтæ кæмæн уыдис, уыдонмæ! Фыдыл кæй нымадтаин, ахæм мын, бæргæ, куы уыдаид. Хæстæй мæм йæ марды кой куы сыхъуыстаид. Зыдтаин, фыд мын кæй уыдис, кæй мæ уарзта, мæрдты дæр мæ фыд кæй у, æмæ йæ мæ38
хæдæг дæр уарзтаин. Ныр та? Зæрдæйы баззад афтид бынат... хъæдгомы хуызæн. — Цы кодтай? Цæмæн æрымысыдтæ уыцы зæрдæнизтæ ацы бон? — Зæлинæ йæ дыууæ къухæй Валяйы къæмиоæнтыл æрбахæцыд æмæ йæ йæхимæ æрбахæстæг кодта. — Фæлæ дæ фыд мæнæи дæр фыдæн сбæздзæн, нана нын иумæйаг мад куыд ссис, афтæ. Æз ма йæм, чи зоны, хæстæгдæр дæр уыдзынæн... йæ къухы кусдзынæн... — Дæхи басабыр кæн, — рæвдаугæ йьш йæ дзыккутæ сæрфта Зæлинæ. Валяйæн-иу йæ сидзæры бонтæ йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд-иу æнкъардгæнаг уыдис, фæлæ йæ абоны хуызæнæй никуы федта. Кæртæй æрбайхъуысти сылгоймæгты ныхас. Уый Залхан æрцыди скъолайæ æмæ цæуылдæр ныхас кодта нанаимæ. Залхан скъолайы ахуыры хайады хицауæй куыста, фæлæ йæ къух цæмæ нæ бахæццæ уа, уымæн цыма саразæн нæй, афтæ æмбæрстой скъолайы директор Солтан дæр æмæ йæхæдæг дæр. Æмæ уый афтæ дæр уыдаид, æвæццæгæн. Солтанæн йæ уыргтæ сахъат уыдысты æмæ йын йæ куыст цæмæй фенцондæр кæна, уый тыххæй алцыдæр йæхимæ иста. Ныр дæр, сæрды бæрæгастæу, Залхан хъуамæ искуыдæм йæ фæллад уадзынмæ ацыдаид. Фæлæ йæхæдæг райахуырады хицауимæ баныхас кодта æмæ директор Солтаны арвыстой санаторимæ, скъолайы цалцæг кæнын æмæ йæ ног азмæ бацæттæ кæныны хъуыддæгтæ та йæхимæ райста. Залхан цардис фатеры нанамæ. Æмæ-иу æхсæвы сæ фæлмæн зæрдæбын ныхæстæм куы бахызтысты, уæд-иу суанг стыр фæсахсæвæртæм æнæхуыссæг фесты. — Цом. Залхан дæр æрцыдис. Дæхи фæхъæлдзæг кæн, кæннод æрыгæтты æнкъардæй нæ уарзы, æмæ дын бауайдзæф кæндзæн, — загъта Зæлинæ. — Ме ’рра ныхæсты тыххæй мын бахатыр кæн. Фæлæ дын сæ кæд хæццæтæй радзырдтон, уæддæр мæ зæрдæйæн бирæ фенцондæр. — Уæртæ чызджытæ, къæбæр хæрынмæ рацæут, 39
кæд абон уæхи сыдæй нæ марут, уæд, — æрбайхъуыст сæм наыайы ныхас. 9 Тынг кæй бафæлладис, уый Дæгка бамбæрста, йæ фатермæ куы бацыдис æмæ бандоныл йæхи куы æруагъта, уæд. Рыстысты зæнгтæ, сæр, æппæт буар дæр. Хуры тæвдæй дæр фæрысти, æвæццæгæн, фæлæ азтæ дæр сæхиуæттæ кæнынц. Дæгка-иу æрыгонæй æфсады, уæлдайдæр, Цæгат Кавказы национ полчъы куы службæ кодта, уæд-иу хæхты сæрты куы ахызтис фистæгæй, бон-изæрмæ-иу салдæттимæ куы фæцыдис, быдырты-иу куы фезгъордтой æмæ-иу йæ хид йæ дарæсæй нæ, фæлæ йæ цырыхъхъытæй дæр куы хъардта, уæддæр фæллад никуы .зыдта. Кæд-иу горæты, кæнæ, фадатджындæр рæстæг, суанг Ольгинскæйы, гъе та Джызæлы хъазт зыдта зонгæ хæдзары, уæд-иу уайтагъд йæ дарæс акалдта æмæ-иу йе ’мбæлттимæ уым балæууыдис. Уæд кафын та? Бирæ лæппу йыл нæ уæлахиз кодта, афтæмæй-иу æнæхъæн æхсæв йæ кафынæй нæ банцадаид. Ныр та фæлмæн рог машинæйы азылдис колхозты зæххытыл, уыдис МТС-æн йæхи мидæг, уырдыгæй сыздæхт æмраст хæдзармæ æмæ бафæллад, риссынц йæ нуæрттæ иууылдæр. Азтæ, азтæ, уæ мард фесæфа! Раласта йæ кител, æрцауыгьта йæ бандоны æнцойгæнæныл, раласта цырыхъхъытæ дæр, диванмæ баппæрста баз, æмæ йæхи æруагъта. Адæмы æхсæнæй-иу куы æрбацыд хæдзармæ, уæд-иу уайтагъд бамбæрста, иунæгæй кæй цæры, æмæ æнкъард кодта. Ныр дæр та йæм фæзындис уыцы хъуыды æмæ ус ракурыны фæндон. Фæлæ æнæ бинонтæй цæрын сахуыр ис æмæ дзы айрох сты уыдæттæ. Асагъæс кодта йæ абоны балцыл, кæйты æмæ цытæ федта, уыдоныл. Бакусæн ис Комрæбыны МТС-ы. Æмбаргæ лæг у Хасмел. Бамбарын æмæ бацамонын чи фæразы, уымæй æвзæр чи зæгъдзæн? Зонæйы секретарь Сандыр куыддæр «æз»-гæнаг æмæ цыма хи фæнд тæраг у. Фæлæ уыимæ дæр кусæн ис, æвæццæгæн. Колхозон адæмы сæ куысты уæлхъус кæй нæ фед40
та, уый хорз нæу. Уæвгæ сæ куыд федтаид? Ныртæккæ рæстæг рувæнтæй мæнæугæрдæнты æхсæн у, ницы куыст ис быдырты хос кæрдыны йедтæмæ, уым та хосгæрстытæм машинæтæй ничердыгæй бацæуæн ис... Уыцы хъуыдытæ куы кодта, уæд ын чидæр йæ дуар ныкъкъупп кодта, цыма йыл дур ныццавта, афтæ. Дæгка фесхъиудта. — Æрра! йæ митæ кæд ныууадздзæн, — загъта йæхинымæры Дæгка, æмæ æнхъæлмæ кастис Гæбæтийы æрбахизынмæ. Афтæ-иу уый хоста дуар дзæбæх нозтджынæй. Æмæ æцæгдæр дуар æрбайгом æмæ æрбазындис Гæбæтийы мæтхуыз сырх цæсгом. — Уазæг иæ уадзут?.. Æфсады дæ булкъон, къамандир, кæнæ æндæр исты рахонæн уыдис, фæлæ дæ ныр та куыд рахуындæуа? — Дæгка, Сохиты Берды фырт, кæд мын мæ ном ферох кодтай, уæд дын æй дæ зæрдыл лæууын кæнын, æмæ мæ афтæ хон æдзухдæр. — Стæй бахудт. — Дæ хорзæхæй, машинæйæ нырма ныр куьг æрхызтæн, уæд мæ цæмæй базыдтай? — бафарста Дæгка. — Уынгæ дæр дæ нæ фæкодтон, зонгæ дæр дæ нæ бакодтон... фæлæ æнæхъæн бон ардыгæй нæ ацыдтæн. Федтаис, зæгьын, Валяйы æмæ куыд у, цы у, уымæй дæ афæрсон. Куыд чызг дæм фæкаст? Кæд мæ уый йæ фыдыл нæ нымайы, уæддæр мæнæн уый йедтæмæ зæххыл ничи ис. — Раст дын куы зæгъон, уæд æй цыбыр рæстæгмæ федтон æмæ мæм тынг дзæбæх зондджын чызг фæкаст. Фæлæ йæ МТС-ы афхæрдтой æмæ мæсты уыд. — Чи? — уайтагъд афарста Гæбæти, цыма уыцы сахат йæ чызджы æфхæрæгмæ алæбуринаг уыдис, афтæ. — Бадгæ скæн. Ды куыд æнхъæл дæ, афтæ йæ ничи æфхæры. Æфхæргæ йæ уымæй бакодтой, æмæ уый агроном у, афтæмæй йæ директор йæхицæн секретарь скодта. — Уый та куыд? Æмæ уый æфхæрд нæу? — У, фæлæ йæ ыыр сраст кæидзысты. — Мæгуыр, сидзæр, куы нæ дæ тæрсой, уæд дæ цы бынæтты сæвæрынц иуæй-иу туртмайнæгтæ. 41
— Мызды тыххæй йæ нæ’ бафхæрдтой, агрономы мызд ын фыстой, фæлæ... — Æмæ дæу æфсады мызд хъуыдис? Булкъои уæвгæйæ, картоф сыгъдæг кæнынмæ хорз арæхсыс, зæгъгæ, дæ хъуамæ хæрæндонмæ арвыстаиккой, — мæсты хъæр кæнын байдыдта Гæбæти. — Мæнмæ цæуыл мæсты кæныс, мæнмæ? — Дæумæ нæ мæсты кæнын, фæлæ чызгыл фæхæцæг нæй, зæгъгæ, йæ уый тыххæй чи æфхæры, уымæ... уыдонмæ. Æмæ йæхæдæг -у аххосджын, — хæрз сабырæй загъта Гæбæти, — фыд ын кæй ис, кæд æвзæр фыд у, уæддæр, уый нæ хъæр кæны... Цæй, уый мæ амонд афтæ рауад, æвæццæгæн... Фæлæ мæхи ныхæстыл фæдæн æмæ дæ дæ балцæй дæр нæ афарстон. Цытæ федтай æмæ дæм цы фæнд ис? — Зын кусæн уыдзæн, æвæццæгæи, æдзæллагдзинæдтæ дзы бирæ ис. Фæлæ мæнæн уымæй зындæр у æгуыстæй бадын. — Уæдæ райдайдзынæ кусын? — Мæнæугæрдæнтæм бирæ рæстæг нал баззад æмæ æвæстиатæй райдайын хъæуы кусын, куыд бацæттæ кодтой, уымæ ма бæлвырддæр куыд æркæсон, афтæ. — Уæдæ Валя дæ уазæг уæд... Лæгъстæйы ныхæстæ дын нæ кæндзыиæн. Æфхæрын æй макæмæн уадз... Фæлæ мæхицæй куыд не ’ппæлын, уый дæр диссаг у. Фæдзырдтой мæм абон уæлæмæ, — йе ’стыр æнгуылдзæй обкомы агъуыстырдæм ацамыдта Гæбæти, — æмæ мæ снысан кодтой... Кæдæм æнхъæл дæ? — Искуы институты хæстон хъуыддаджы ахуыргæнæгæй. — Уæлдæр æвнал, мæ хæлар. Дæ цæст мын цæуылнæ уарзы? — ДОСААФ-мæ сæрдарæй, кæнæ хæдивæгæй. — Уый дæр кадджын куыст у, фæлæ ноджы уæлдæр... — Уæд та Цæдисы хъахъхъæнынады министрæй? — Ныр та æгæр бæрзонд авиæлдтай. Снысан мæ кодтой сабырдзинадыл хæцджыты комитеты сæрдары хæдивæгæй. Сæрдар, дам, рынчын у æмæ йын феххуыс хъæуы. 42
— Æцæг дын уый тынг хорз куыст у. — Ды, зæгъы, æфсæддон лæг дæ, хæстыты бирæ фæдæ. Фæлæ, дам, ныр та тох цæуы, хæст цæмæй мауал уа, ууыл... Хæсты н>æ, фæлæ хæстæн йæхиуыл фæуæлахиз у, уæд ма уымæй арфæйагдæр хъуыддаг цы уа?.. — Уый ахсджиаг æмæ кадджын куыст у. Фæлæ уæд дæ нозтæн та куыд кæндзынæ? — Ахъуыды кæндзыстæм ууыл дæр... Лæджы куы бафæнда, уæд цы знаджы нæ басæтдзæн, ахæм нæй, — æнахуыр ныфсджын хъæлæсы уагæй загъта Гæбæти. 10 Æвиппайды куыстытæ ныккалдысты Дæгкайыл. Хæрзæрæджы æрцыд МТС-м^æ. Абон та фыццаг цыд акодтой быдыртæм, æмæ йæ къухы цы бафтыд? Дæгка рагацау фæсидт, мæнæугæрдынмæ чи хъуамæ ацæуа, уыдонмæ се’ппæтмæ дæр, суанг донласджыты æмæ хæринаггæнджыты онг. Бæлвырд баныхас кодтой, цал сахатыл райдайдзысты фæлварæн карст кæнын, машинæтæй чи кæцы колхозы зæххыл кусдзæнис, уыдæттыл. Хъуамæ иууылдæр фезмæлой æмæ куысты уæлхъус æрлæууой райсомы цыппар сахатыл. — Ныр уын нод директор ис, хæсты чи сфæлтæрдта, æфсæддон æгъдæуттæ чи уарзы, ахæм, æмæ йæ ныронджы митæ мачиуал кæнæд. Цыппар сахатыл хъуамæ æмæнкъуыст фæкæнæм нæ бынæттæм, ома нæ кусæн бынæттæм, — бамбарын кодта Сандыр механизатортæн, æмæ ууыл фæхæлиу сты, цæмæй сæ хуыссæгæй хай фæуа æмæ райсом афоныл æрцæуой. МТС-ы ног директор Дæгка æмбырдæй ацыдис алыхуызон хъуыдытимæ. Уый æрцардис йæ каистæм, нанайы хæдзары сарайы кæрон цы чысыл аив уат уыдис, уым. Æнæнцой куыст у йæ куыст æмæ хæдзары иннæ цæрджыты цæмæй ма хъыгдара,.уый тыххæй йæ равзæрста йæхицæн. Валя цыдис Дæгкайы фарсмæ æнæдзургæйæ, æмбæрста, директор цæуылдæр арф хъуыдытæ кæй кæны æмæ йæм ницы дзырдта. Æрæджиау Дæгка йæхæдæг сабыргай загъта: — Валя, куыд дæм кæсы, райсом нæ фæлварæн куыст рæвдз ацæудзæн? 43
— Нæ зонын. Комбайнерты æхсæн ис хивæнд, зивæггæнаг, бирæ фынæй кæнын чи уарзы, ахæм лæппутæ, æмæ нæ куы бакъуылымпы кæной... — Æз дæ уымæй нæ фæрсын, Валя. Зивæггæнджыты æнæзивæг скæндзыстæм, бирæ фынæй кæнын чи уарзы, уыдоны сæ хуыссæнтæй раппардзыстæм æмæ оын сæ хуыссæг фæлидзын кæндзыстæм. Фæлæ машинæты парк куыд цæттæ у, трактортæ æмæ комбайнтæ куыд цалцæггонд сты, уый у сæйраг хъуыддаг, — загъта Дæгка, æмæ та дарддæр цыдысты æнæдзургæйæ. Стæй хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Цу æмæ бахуысс. Райсом дæхæдæг хуысгæ ма баззай, — æмæ бахудт. — Æмæ æххормагæй схуыссынмæ хъавыс? Афонмæ нана исты барæвдз кодтаид. Уæдмæ хæдзары дуары хъæр фæцыдис æмæ цырагъы рухсмæ нанайы чысыл гуыбыргомау æндæрг фæзындис. — Хуыссæг дæр сыл нал фæхæцы, хæринаг дæр сæ нал фæхъæуы, чысыл сæ исты мæт куы бацæуа, уæд,— хæлархуыз хъуыр-хъуыр кодта нана. — Цу, цу, Валя, йæхи йын схуыссын кæн. Хуыссын афон йæхицæн у, афтæмæй йæ хуыссæг нæ ахсы, — сдзырдта Дæгка æмæ йæ уатмæ баздæхт. Ссыгъта цырагъ. Чыоыл, бур, рæсугъд нывæфтыд æмбæрзæн систа стъолæй æмæ тæбæгъы ауыдта карчы сгуы дыууæ дихæй, иннæйы — донгонд дзулы кæрстытæ, сæ фарсмæ цæхдарæн, тигъджын арахънуазæн агуывзæ, стæй литр æмæ æрдæг кæм цыдаид, ахæм графины фæрсыгъд сыгъдæг арахъхъ. Нана рагæйдæр арахъхъ фæрсыгъдæй кæнæ наливкæгондæй дардта, уæлдайдæр хицонæн. «Ехх, нана, нана, цымæ цæмæй конд у дæ зæрдæ», — ахъуыды кодта Дæгка, æмæ йæм кæд нуазын нæ цыдис, уæддæр зæронд усы зæрдæхудты ма бацæуон, зæгъгæ, арахъхъæй фæд-фæдыл рауагъта дыууæ агуывзæйы æмæ сæ анызта, стæй карчы сгуыйæ иу гæбаз стыдта æмæ йæ æууилын райдыдта, афтæмæй ласта йæ гæрстæ. Сахат стъолыл æрæвæрдта, æмæ йæм куы фæкомкоммæ, уæд джихау фæцис, — цыма ныртæккæ æр44
ныгуылд хур, афтæ йæм каст. Афтæмæй æхсæвы дыууадæсæм сахат чысыл хъуаг йедтæмæ нал у. Æнхъæлдæн, амонæн ныхæстыл æгæр бирæ ныуурæдтой адæмы æмæ сæ хуыссæгхъуаг фæкодтой. Цæмæн дзы хъуыд даргъ ныхæстæ, хорз кусын кæй хъæуы, уый алчидæр зоны. Фæлтау алкæмæн дæр зæгъ кæд, кæм æмæ йæ цы ми кæнын хъæудзæн, уый, æмæ йæ йæ хæдзармæ ауадз, уадз æмæ бафынæй уа. Нæ, нæ фынæй кæны Дæгка. Куыд рауайдзæн райсом сæ хъуыддаг, стæй уый фæстæ дæр? Куыст кæй ракуырдта, уый хицæй æппæлæгау рауайдзæн? Æппынæрæджиау бафынæй. Чи зоны, цас ахуыссыд, фæлæ иу афон фестъæлфæгау кодта йæ мидфыны. Æмæ уый кары куыд æмбæлы, афтæ нæ сыстади, фæлæ лæппуйау расхъиудта сынтæгæй, рудзынджы зыхъхъыртæй боны рухс куы ауыдта, уæд. Байрæджы кодтон, зæгъгæ, фæтарст, æмæ сахатмæ æркаст. Цыппæрæм сахатæй авд минуты рауадис, æмæ уæд æрсабыр. Хорз афон у. Раздæр куы ацæуа, уæддæр зиан нæу. Райхъал кæнын хъæуы Валяйы дæр. МТС-мæ дард у æмæ иумæ ацæудзысты. Машинæ барæй нæ ракодта йемæ дысон. Афтæ хуыздæр у. Уалынмæ Валя рацыд, — Райхъал дæ? — бадис ыл кодта Дæгка. — Мах нанайæн зæгъ æмæ дæ бонæй-æхсæвæй цы афон нæ райхъал кæндзæнис, ахæм нæй. Уымæй рæстæг зонъшмæ та сахатæй уæлдай нæу. — Йæ царды бирæ азтæ йæ сахуыр кодтой. Фæлæ ды кæд рæвдзæй рацыдтæ, уæд цом. Диссаджы рæсугъд сæрдыгон райсом скодта. Арвыл, уæртæ кæмдæр хæхты фæстæ, мигъы къуымбилтæ бадтысты æмæ сырх-оырхид дардтой, цыма арт ссудзынмæ хъавы, афтæ. Зæрин тынтæ Хъазыбеджы фарс дæр чысыл фæсырхбын кодтой, фæлæ хур йæхæдæг нæма скаст, нæма æртавта бæстæ. Чыоыл сивыры хуызæн у Ирыстон, фæлæ дзаг сты йæ фæзтæ æмæ хæхтæ алы хъæздыгдзинæдтæй. Кæс-ма, тъæпæнтæ-тъæпæнтæй куыд фæйлауынц бур-бурид м’æнæу, арвыл чи лæууы, уыцы тарбын нартхоры хуымтæ. Уæд картоф, хъæдур, гæн, таугæ кæрдæгæй зæгъай. Уæ цæст ма ахæссут хъæдтыл, хъæдрæбын45
тыл, къутæрджынтыл, кæддæра дзы æлæмтау куыд æртæстытæ кодтой хъæддаг фæткъуы, кæрдо, æхсынцъы, цым, мыртгæ æмæ æндæр бæлæстæ. Фен-ма, куыд сырхид дарынц йæ туаг тыртытæ, куыд сауæй зынынц йæ адджын ка*контæ. Æмæ уыдон хæдæвзæрдæй зайынц, адæймаджы къухæвнæлд нæ зонынц. Фæлæ адæймаг йæхæдæг кæй æрзайын кодта, уыцы фæткъуыты, кæрдоты, алтъамиты, чъерамиты, чылауиты, балты æмæ бирæ æндæрты та ма цы номæй рахуындæуа! Сæууон быдыртыл фæлгæсгæйæ, ахæм хъуыдытæ зилдух кодтой Дæгкайы сæры. Иæ зæрдæ рухс у алцыппæтæй æмæ лæппуйау рог къахдзæф кæны. Кабинеты рудзынгæй йæ гуыр æрдæгæй уæлæмæ рацауындзæг кодта, йæ иу къухы кæсæнцæстытæ дардта, афтæмæй цъынддзæстæй кæдæмдæр касти МТС-ы сæйраг инженер Сергей Яковлевич Разумов. Уый дæр, æвæццæгæн, æрдзы рæсугъддзинадæй йæхи ирхæфста, æмæ нæ бафиппайдта Дæгкайы æрбацыд. — Ничима фæзынд? — афарста йæ Дæгкз. — Афон нæма у, — фестъæлфыд инженер æмæ сахатмæ æркастис. — Уæртæ дзы Данел йедтæмæ ничима ис, — ацам<ыдта, кæсæнцæстытæ йын цы къухы уыдысты, уымæй комбайнтæм. Дæргъæй-дæргъмæ дыууæ рæнхъæй лæууыдысты хæдцæугæ комбайнтæ, æмæ сæ иуы уæлæ чидæр цыдæртæ архайдта. — Чи у уый? — бафарста Дæгка. — Адæймаг нæ, фæлæ йæхæдæг комбайн у æмæ йын куыстæй æфсис нæй. Æмæ зонгæ та цынæ кæны, суанг хуымæтæджы примусæй санчъехтæгæнæг экскаваторы онг. — Уый та кæм базыдта? — Сталинграды ГЭС-ы арæзтадмæ ацыд, фарæстæм кълас каст куы фæцис, уæд, æмæ экскаваторыл дæр акуыста. Фарон йæ фыд фæрынчын æмæ фæстæмæ сыздæхт. Ныр дыккаг аз комбайныл кусы. Фæлæ кæм бахъæуы, уым алцæмæ дæр сарæхсдзæн. Зивæг та зонгæ нæ кæны. — Данел! — фæдзырдта Дæгка лæппумæ. 46
— Ныртæккæ фæцæуын, — æрбайхъуыст лæппуйы хъæр, æмæ комбайнæй æрхызт. — Уæ райсом хорз уæд. Дзырдтат мæм, миййаг?— бафарста лæппу. — Дæ райсом дæр хорз уæд. Цæй раджы фæзындтæ, нырма цыппар сахаты куы нæ у? Данел æхсызгон мидбылхудт бакодта æмæ загьта: — Æз сахат нæ дарын. Мæнæн мæ сахат мæ зæрдæ у, æмæ истæмæ куы фехсайы, уæд æгæр тагъд цæуын райдайы. Цыма тулдзы мыггагæй конд уыдис Данел, афтæ фæкастис Дæгкамæ. Стæвдтæ арæзт. Йæ дыууæ цонджы тыхджынæй рацыдысты фæтæн. уæхсчытæй æмæ фесты сылгоймаджы къухты хуызæн чысыл, рæсугъд, фæлæ къуыдыр æнгуылдзджын къухтæй. Цыбыр бæрзæйыл рæсугъд фидыдта уæллоз æлвыд тымбыл сæр. Уæхсчытæй дæлæмæ гуыр нарæг кæнын райдыдта æмæ цыма лæппу æртæтигъон уыдис, афтæ зындис. — Дæхæдæг æгæр раджы дæр ма æрбацыдтæ, фæлæ де ’мбæлттæ нæ байрæджы кæндзысты? — Ме ’мбæлттæ нæ байрæджы кæндзысты... Фæлæ, æмбал директор, иу хъуыддаг мæ зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ дæм уый тыххæй дæ кабинетмæ цæуинаг дæр уыдтæн. Æрмæст мæм байхъус... — Радзур-ма дæ хабæрттæ, — æмæ Дæгка зæрдиагæй байхъуыста æрыгон механизатормæ. — Æз ацы хъæуы райгуырдтæн, ам схъомыл дæн æмæ адæмы дæр æмæ колхозы быдыртæ дæр хорз зонын. Мæнæй хистæр у, фæлæ мæ тæккæ хæлар чи у, уый та, Дзалаты Дзибус, колхозы сæрдарæй кусы. Æрæджы каст фæцис Мæскуыйы Ленины номыл хъæууонхæдзарадон Академи æмæ йæ мæнæ нæ колхозæн разамонæгæй равзæрстой... — Æмæ афтæ æрыгон у Дзибус? — дисгæнгæ бафарста Дæгка. — Мæнæй чысыл хистæр йедтæмæ нæу. О, æмæ мæ нæхимæ ныууадзут. Мæндæр нæхи колхозы бакусын фæнды. — Хорз, — цыбыр дзуапп радта Дæгка. — Абон уал бафæлвар, ацу кæдæм нысангонд дæ, уырдæм- Фæлæ дæ фæстæдæр Ленины колхозмæ арвитдзыстæм. 47
Уадз æмæ лæппу йе ’ппæт хъару дæр равдиса,—аздæхт Дæгка Сергей Яковлевичмæ. Уый йæхæдæг та фæндагмæ каст. — Афтæ кæнæн нæй. Азы райдианы механизатортæм цы зæххытæ фидаргонд æрцыд, уыдоны тыххæй азы кæроны дзуапп дæттынц. — Уæд та мæ-иу иннæ аз ауадзут, — лæгъзхуызæй ма загъта Данел. Фæидагыл МТС-ырдæм тахтис цавæрдæр тарбын машинæ æмæ сæууон уæлдæфы рог бурбын рыджы мигь систа. Иæ фæдыл фæзындысты фистæг цæуджытæ дæр. Хъæуырдыгæй кæм иугæйттæй, кæм та къордгæйттæй зынын байдыдтой механизатортæ. МТС-æн йæхи кæрты кæрон æмдзæрæны чи цардис, уыдон дæр базмæлыдысты. Дæгка сахатмæ æркаст. Цыппæрæм — фынддæс минуты хъуаг. Иæ зæрдæ барухс. Хъуыддæгтæ рæвдз цæуынц. Машинæ сæм куы æрбахæццæ æмæ дзы Сандыр куы рахызт, уæд уымæн дæр афтæ загъта. Фæлæ сахат цъыкк-цъыкк кодта, минуттæ цыдысты, хъæуæй та комбайнертæ се ’ппæт нæма æрбацыдысты. ’ — Гъе, афтæтæ сты нæ хъуыддæгтæ, — кæмæндæр бустæгæнæгау загъта механизатортæй чидæр. — Д-а-а, бæрæг у, дисциплинæ фаг фидар нæу, — дзуапп ын радта Дæгка. — Æмæ кæдæй нырмæ дзурын, ахæм ахсджиаг сахат адæмы хъæумæ уадзын нæ хъæуы... — загъта Сергей Яковлевич. — Чи æрцыд, уыдоны афоныл ауадзут колхозтæм, уæ хорзæхæй, — загъта Данел. — Ауадзæм сæ, кæннод уыдоны дисциплинæ дæр хæлгæ кæны, — Дæгкайы бæсты йын дзуапп радта Сандыр. Æмæ уæд Разумов чысыл сырх тырыса хæрдмæ систа. — Уæ ма-ши-нæ-тæм! — ныхъхъæр кодта Сергей Яковлевич кабинеты рудзынгæй, цыппар сахатмæ ма фондз минуты куы хъуыдис, уæд. Стæй рацыдис кæртмæ. Уыдон сæйраг инженер йæхæдæг кæй æрхъуыды кодта, уыцы æгъдæуттæ уыдысты. Ныггуыр-гуыр, ныддыв-дыв кодта райсомы æнцад 48
уæлдæф æмæ барызтис. Комбайнты рæсугъд арæзт рæнхъ размæ-размæ рарæстытæ кодта йæхи, стæй схæццæтæ æмæ машинæтæ кæрæдзийы фæдыл араст сты фæндагыл. Разæй цыдис Данелы комбайн. Лæппу уадис Дæгкайы цæстытыл, — зына-нæзына йæ мидбылты худы æмæ кæсы размæ. Кæрæдзимæ дæрддзæфгомау лæугæ ма аззадысты дыууæ комбайны, æмæ сæ разы катай кодтой цалдæр лæппуйы. Уалынмæ хъæуæй лæф-лæфгæнгæйæ æрбахæццæ сты, комбайнертæй ма чи нæ æрбацыд, уыдон. — Афтæмæй мах иумæ нæ бакусдзыстæм, — бартхъирæн сæм кодта Дæгка дæр, æмæ уæд комбайнертæй иу хъуыр-хъуыргæнгæ машинæйы асинтыл уæлæмæ схизгæйæ загъта: — Цæуыл фæдис кæнут, нырма фыццаг цыд куы кæнæм, уæд? Мæнæ кусын куы райдайæм, уæд раздæр чи цæуа æмæ хуыздæр чи куса, уый дæр та фендзыстæм. — Куысты дæр дæхи се ’ппæты бæгуыдæртæй нæ равдисыс, — бауайдзæф ын кодта Сергей Яковлевич, æмæ сабырдæр ныхасæй загъта Дæгкайæн:—Æцæгæй комбайнерты хуыздæртæй у, фæлæ йæ хуыссæг йæ быны скодта, зæгъгæ, уæд ын ницы фæразы. 11 Фыццаг бон нæ барухс кодта Дæгкайы зæрдæ. Къанторы йæ хъуыддæгтæ куыддæр акодта, афтæ машинæйы абадтис, йемæ айста Валяйы дæр, æмæ ацыдис, куыстытæ куыд цæуынц, уый бæрæг кæнынмæ. Иу ран лæууыдис кæйдæр комбайн. Комбайнер тыхстæй йемæ цыдæртæ архайдта. Агрегаты раз дзæгъæл лæуд кодтой дыууæ уæзласæн машинæйы, æмæ сæ шофыртæ æнхъæлмæ кастысты комбайнермæ. — Цæй, райхъал дæ? — уайдзæфы фарст бакодта комбайнеры Дæгка. — Æз райхъал дæн, фæлæ комбайны иуæй-иу хæйттæ фынæйæ куыстой æмæ сæ афоныл райхъал кæнын хъуыд... Æмæ мастерской дæр куы нæ фæхъæуы, уæд нæ алывæрсты зыгъ-зыгъ фæкæны, ныр æй хæйрæджытæ арвы кæронмæ фæхастой. 4 Адæм адæм ст.->1 49
— Æмæ йæм уæд та æрвитгæ акæи. Машинæтæ лæугæ куы кæнынц. — Дæгка дарддæр ацыд. Æнцад лæугæ баййæфта Данелы комбайны дæр. — Цы ’рцыд дæуыл та? Ды дæр лæугæ куы кæныс, Данел, — машинæйæ дæр нæ рахызт, афтæмæй сдзырдта лæппумæ Дæгка. — Мæ комбайнæн йæ зæрдæ риссы, бафæллад, йæ къæхтæ ныррæсыдысты, æмæ, зæгъын, иучысыл йæ фæллад куы суадзид, — хъæрзгæйæ загъта Данел æмæ зæрдиагæй йæ ныхасмæ бафтыдта: — Бæргæ фæлæгьстæ кодтон, Ленины колхозмæ, Дзибусмæ мæ ауадзут, æмæ мæ бон цас кусын у, уыйбæрц кусон. Фæлæ никуы æмæ ницы. Æмæ ныр æппынæдзухдæр афтæ куы къуылымпытæ кæнæм, уæд бæллæх нæ уыдзæн?! — Æмæ цæмæн къуылымпы кæныс ды та? — Нæй машинæтæ фаг. Нæ нæ æййафынц. Æмæ уæдæ бункертæ мæ дзыппытæм равдæлон кæион? Æнæхъæн сахаты æрдджытæ... Дæгка æрхызтис машинæйæ æмæ шофырæн загъта: — Цæугæ ныртæккæ æмæ лæугæ чи кæны, уыцы комбайны разæй иу машинæ ардæм ракæн. — Уый та куыд? Уый Ленины колхозы кусы ай та «Комрæбын» у. — Цу, цу! Æз куыд зæгъын, афтæ уал бакæн, стæй чи цы у, уый равзардзыстæм. Шофыр ацыдис æмæ скодта дыууæ машинæйæ иу... Фæлладæй, фæхты хосты хуызæнæй æрцыдис къантормæ Дæгка. Цыма хъуыддæгтæй иуырдыгæй дæр ницы рауайдзæн, æмæ нæ сарæхсдзæн граждайнаг уавæрты кусын, афтæ йæм фæкаст, æмæ хъуыды кодта уыцы куыстæй, кæд цыфæнды æгады хъуыддаг у, уæддæр æвæстиатæй хи суæгъд кæныныл... Æвæстиатæй. Уымæн æмæ дарддæр ам куы акуса, уæд МТС-ы ноджы лæмæ(гъдæрм1æ æруадздзæн æмæ йæ сæфты къахыл æрлæууын кæндзæн. Æвæстиатæй... æвæстиатæй... æвæстиатæй, — æнæ банцайгæйæ йæхинымæры дзырдта, афтæмæй кæрты æрхызтис машинæйæ æмæ фæкомкоммæ, бензин кæм фæкæнынц, машинæты уыцы калонкæмæ; йæ фарсмæ йын ауыдта кæйдæр «Волгæ». Мæсты тылд фæкодта йæ къух, бензин чи уагъта, уыцы лæппумæ. 50,
— Кæй машинæ у? — Горæтаг машинæ. Цавæрдæр министры. Бензиы кæнынмæ æрбацыдис. Сандыр æй æрбарвыста. — Æмæ райкомæн махмæ бензин ис? — Нæй, фæлæ уый чи нымайы, Сандырæй райдай æмæ хуымæтæджы кусджыты онг. Сæ уазджыты машинæтæ ардæм æрвитынц бензин кæнынмæ. Æмæ ма иу-дыууæ куы уаиккой, фæлæ... Æмæ та, отчет кæнгæйæ, мæ бензин тоннæтæ хъуаг рауайы. Фысгæ мын-иу æй скодтой, раст зæгъын хъæуы. Фæлæ уæддæр исчи афтæ æнхъæл уыдзæн, зæгъгæ, мæхæдæг давæг дæн æмæ мæ рæстæй цæмæн къæмдзæстыг кæнынц. — Уыцы машинæйы иу цъыртт дæр мауал ныккæн бензин. — Ардыгæй горæтмæ цæуыны фаг дæр æм нал ис бензин æмæ цы уыдзæн? — Райкоммæ ис сæхи бензин æмæ йын уырдыгæй раттæнт. Ды та амæй фæстæмæ завхозæй гæххæтт кæмæ нæ уа, уыдонæй иу æртах дæр макæмæнуал ратт, мæхи машинæ куы уа, уæддæр, — стæй ма «Волгæйы»- рдæм цæмæндæр мæсты каст фæкодта, æмæ йæ кабинетмæ араст. Лæппу йæ бынаты лæугæйæ баззад. Директоры секретармæ фæдзырдта. Бацагуырдта дзы, цалдæр колхозимæ сын цы бадзырдтæ ис, уыдон. Чызг гæххæттытæ куы æрбахаста, уымæй чысыл фæстæдæр телефон сдзыгъал-мыгъул кодта: — Алло! Хъусын дæм. — Дæгка дæ? — æрбайхъуыст Сандыры ныхас, стæй мæсты гъыххуыф-гъыххуыф скодта. — Æз дæн. Цæй мæсты хуызæй дзурыс? — бафарста Дæгка. — Ныртæккæ ма райкоммæ рацу. — Исты æрцыдис? — Рацу æмæ йæ базондзынæ, — æмæ телефоны къупп фæцыд. Фыццаг рацыд хорз нæ рауад, æмæ йæм, æвæццæгæн, уый тыххæй дзурынц. Фæлæ афтæ мæсты цæмæн хъуамæ уа Сандыр. Дæгка нырма ныр æрцыдис æмæ йæ бон уыйас ницы ма сси. Цæйау акæнынц, цы хъарутæ йæм ис, уыдоны нæ, фæлæ цæй бæрц æнæхъару у, уый равдисыны рæстæг дæр ын куы нæма 51
фæцис... Нæ, хъуамæ йæм уый тыххæй ма дзура. Æндæр исты уыдзæн. Кæмæ каст, уыцы гæххæттытæ фæстæмæ секретармæ радта æмæ рацыд. Тæккæ дуары рахизæны йæхи сцæйкъуырдта, куыд æм фæкаст, афтæмæй æвзыгьд, хæрзконд лæппулæгимæ. — Бахатыр кæн... кæд гæнæн ис, уæд... Æз дæумæ цæуын, — загъта æрбацæуæг цæмæйдæр зæрдæвæйлыдæй. — Бахатыр кæн дæхæдæг, мæнмæ райкоммæ тагьд хъуыддагмæ дзурынц. Ныртæккæ фездæхдзынæн æмæ уæд... — Ныртæккæ, ам, куы нæ ахицæн кæнæм нæ хъуыддаг, уæд æз дæр демæ райкоммæ цæуын æмæ уым лыггæнгæ æрцæудзæн. Æз дæр уырдыгæй... Сандырæй рацыдтæн... — Хуыцауы тыххæй, чи дæ æмæ дæм цавæр тагъд кæнинаг хъуыддаг ис? — мæстыйæ йæ бафарста Дæгка. Æнæуи дæр мæсты уыд, æмæ йын æнæзонгæ лæппуимæ сæмбæлд ноджы тынгдæр рафыцын кодта йæ маст. — Хатыр дæ курын... Мæн аххос фæуæд... Кæрæдзи нæма зонæм... Уæвгæ дæ æз рагæй зонын, суанг æфсадæй нырмæ. Æз дæн Дзалаты Дзаххоты фырт Дзибус, Ленины колхозы сæрдарæй кусын... Фæстæмæ акъахдзæф кодта Дæгка, сæрæй къæхтæм ыл йæ цæст æрхаста. Сырх-сырхид фæткъуыйы хуызæи уадултыл цыма нырма ныр рахæцыдысты фыццаг хилтæ, йæ бæгæныхуыз фæлмæн цæстытæ сывæллоны цæстытау æфсæрмы каст кæнынц. Кæй бауырныдтаид, уыцы лæппулæг дæс къласы каст куы фæцис, уæд хæсты фæстаг аз хивæндæй абырста тохмæ æмæ, йæхæдæг куыд фыста йæ иу писмойы, афтæ йæ «хæххон æфсургъы Эльбæйы сатæг донæй бафсæста». — Дзибус! Æгас цу! Амондджын бон кæрæдзи базонæм, — йæ къух æм радта Дæгка. — Цыдæр мæсты дæ! — Мæсты кæнын алчидæр зоны. Кæд ныр мæ маст ссыдис, уæддæр тынг мæсты уыдтæн. Суанг ма райкоммæ дæр бацьгдтæн æмæ уым дæр мæ хъаст ракодтон. — Ау, æмæ афтæ цæуыл смæсты уыдаис?! 52
— Æз дæр мæхи бæрæг кæнын, мæнæу кæрдынмæ куыд цæттæ дæн, уый. Ды та мын мæ уæзласæн машинæ «Комрæбынмæ» мæнæу ласынмæ аппæрстай. Нæхи комбайн куы срæвдз, уæдæй нырмæ къуылымпы кæны нæ куыст, машинæтæ нæм фаг нæй. — Æмæ райкоммæ бахъаст кодтай? — Хъаст кæнынмæ нæ бацыдтæн. Æндæр хъуыддаджы тыххæй бацыдтæн райкоммæ æмæ ныхасы уый кой дæр скодтон Сандырæн. «Гъы, гъы! Уæдæ мæм афтæ мæстыйæ уымæн дзуры Сандыр», — ахъуыды кодта йæхинымæры Дæгка, стæй Дзибусы цонгыл ахæцыд æмæ хъæрæй загъта: — Цом, æппæт дæр райкомы равзардзыстæм. Машинæ дæхимæ акодтай? — Уæдæ хъуамæ цы бакодтаии? — Æмæ раст бакодтай... Уæдæ мæм Сандыр дæр уымæи дзурдзæн. Цом! — Цом, фæлæ мах празлени стæм æмæ куыд арæхсæм, афтæ уынаффæтæ кæнæм... Аразæм нæ куыст æмæ нæ куы ничи. хъыгдарид, уый мæ фæнды. — Цом, цом! Равзарæм æппæт дæр... Уæдæ машинæтæ иу ран лæууой, комбайн кæй нæ кусы, уый тыххæй, иннæ ран та комбайн лæууа, машинæтæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй! Уый дæр раст нæ уыдзæн. Иу районы куы цæрæм, иу хъуыддаг куы кæнйем. — Курын дæ, æмæ нын нæ уынаффæтæ куыд нич1х ива, афтæ бакæнæм. Алчидæр дзуапп дæтдзæн йæ куысты тыххæй, афтæмæй хуыздæр сырæздзæнис нæ иумæйаг хъуыддаг, — мæсты кæнын та райдыдта Дзибус. — Сандыримæ аныхас кæнæм, уым дæр ма нын уыдзæнис мæсты кæныны рæстæг, — загъта хъазгæмхасæн Дæгка, æмæ тагъд къахдзæфтæй ацыдысты... — Зæгъ-ма мын Дæгка, райкомы ды дæ хицау æви æндæр исчи? — йæ маст тыххæй уромгæйæ дзырдта Сандыр. — Мах дзы ницыуал стæм? — Цæй фæдыл кæныс ахæм карз ныхæстæ, уый уал мын бамбарын кæн. 53
— Булкъон дæ æмæ дæ разы не ’ппæт дæр нæхи салдæтты дард кæнæм? — Æз мæ цины кой куы никуы скодтон. Цы хабар у? — Æви дæ риу хорзæхтæй йедзаг у æмæ дæм сдзурæн дæр нал ис? — Йарæбын, хъусын дæм æмæ ахæм æфхæрæн ныхæстæ цæмæн кæныс, уымæн ницы æмбарын... Кæд миййаг ды исты зоныс, Дзибус, уæд мын æй уæд та ды зæгъ! Дзибус йе ’уæхсчытæ фелхъывта, æз та цы зонын, зæгъгæ. — Æз чи фæнды дæр уон, фæлæ дæм бензины цъыртмæ барвыстон уазæджы машинæ, æмæ йæ фæстæмæ æнæ бензинæй цæмæн здахыс, цæмæн мæ къæмдзæстыг кæныс искæйы раз? — Кæд уый тыххæй дзурыс, уæд мæ дзæгъæлы æфхæрыс, — йæ бынатæй сыстадис Дæгка.-—Дзæгъæлы нымайыс мæ цинтæ æмæ мæ хорзæхтæ дæр, стæй хæдæг кæмыты куыстай, уыдæттæ дæр. Дæ уазæгæн дын МТС-ы бензинæй раттын нæ бауагътон, æмæ кæй фæнды æрбарвитай, уæддæр нæ бауадздзынæн артаг хæлæттаг кæнын. — Ды МТС-ы директор дæ, мах та ам райком стæм, — фæхъæр кодта Сандыр. — Райком æмæ райкомы кусæг иу не ’сты. Райком райком у æмæ кæддæриддæр йæ бынаты баззайы, райкомы кусæг та, чи фæнды уа, уæддæр райкомы кусæг у, æмæ йæхи дарын куы нæ фæзоны, уæд æй йæ куыстæй ацæуын, кæнæ чысыл дæлдæр бынатмæ æрхизын бахъæуы, — фелхыскъ æй кодта Дæгка. — Райком райкомы кусджытæй у, цалынмæ дзы кусой, уæдмæ, æмæ уыдон дæттынц разамынд... — Цæй, гъеуыцы бензины цъыртты тыххæй цас ныхас кæнут. Цомут æмæ уын æз тоннæ дæр ратдзынæн, — загъта Дзибус быцæу басабыр кæныны тыххæй, фæлæ зæрдæйæ та разы уыдис Дæгкаимæ. — Чи зоны, уый ницы у, фæлæ ахæм цæстæй куы кæсæм артагмæ, уæд дзы бирæ æвзæр хъуыддæгтæ «рауайдзæн. Шофырæн йæхимæ талонтæ ис, фæлæ æримайы æртæхтæм æнхъæлмæ кæсы, йæхи талонтæй 54
та базар кæпы. Афтæмæй шофыры халæм. Уый дын иу, — йæ кæстæр æнгуылдз бакъæдз кодта Дæгка. — Уазæгæн нæ, фæлæ кæмæндæриддæр æнæхыгъдæй куы дæттæм бензин, уæд дзы цæуыннæ хъуамæ адава, уадзгæ йæ чи кæны, уый йæхæдæг. Уæддæр мын сæ æрæджиау сфысдзысты, зæгъгæ, хъуыды кæндзæн, — бакъæдз кодта дыккаг æнгуылдз. — Æртыккагæй та МТС-æн алчидæр йæхирдыгонау куы уынаффæтæ кæна,—бакъæдз кодта астæуыккаг æнгуылдз,— уæд ма дзы директор та цы у? Ницы, къæхтæсæрфæн кæттаг, кæнæ уымæй дæр æгаддæр исты. — Гъе, уый у, уый. Дæ кадæн тæрсыс æмæ районы сæр дæр дæхицæй уымæн аразыс. Фæлæ дзы уый нæ уыдзæн, — æвиппайды та фæмæсты Сандыр. — Райком цы зæгъа, уый алчидæр æххæст кæндзæн, районы чи кусы, уыдонæй, чысыл хъуыддаг уа, æви стыр, уæддæр. — Райком цы зæгъа, уый æххæст алчидæр кæндзæнис, фæлæ йæ кусджытæ искæцы хъуыддæгтæ раст куы нæ лыг кæной, уæд сæм ничи байхъусдзæн... Цыбырдзырдæй, ныхас бензины тыххæй рауадис æмæ ма дын иу хатт зæгъын: макуы макæйы уал æрбарвит. МТС-ы бензинæй цъыртт дæр никæмæн ратдзынæн. — Тынг дз’æбæх дæр ратдзынæ, тынг дзæбæх! Дæхи райоиы хицау ма кæн, кæд чи фæнды дæ, уæддæр. — Иарæбынæллæх, куы никæмæн кæнын мæхи хицау! — Уæдæ мæнæ Дзибусæн йæ машинæ цæмæн акодтай? МТС-ы хицау дæ, фæлæ дын уыцы бар та чи радта? — Уый тыххæй нæхæдæг баныхас кодтам æмæ бафидыдтам, — загъта Дзибус. — Сандыр, æппынфæстаг, уыдон се ’ппæт дæр лыстæг хъуыддæгтæ сты, æмæ сæ нæхæдæг æвзардзыстæм, — загъта мæстыйæ Дæгка, — кæнæ та сын зæгъæн ис телефонæй дæр. Ардæм та сидын хъæуы, æнæ райкомы æххуысæй алыг кæнæн кæмæн нæй, ахæм хъуыддæгты тыххæй. — Дæ хорзæхæй, райкомы куыд кусын хъæуы, уый мын амоныс?! — йæ къух ауыгьта Сандыр. 55
— Цæй, хорз байрай, — загъта ма Дæгка æмæ рацыд Сандыры кабинетæй. йæ фæдыл рахызт Дзибус дæр. Къæлидормæ сæм райхъуыст Сандыры цырыхъхъыты уæззау гуыпп-гуыпп. Æвæццæгæн, афтæ никуыма см’æсты зонæйы секретарь. Ау, Сандыр уыйбæрц нал æмбары, æмæ йын йæ ныхасмæ ма хъусой?.,Æнæхъæн районы-иу йæ ныхасмæ хъусæг куы уыдысты, æз раздæр æй сæххæст кæнон, зæгъгæ. Уæд ныр цы æрцыд? Сандыр уыцы Сандыр куы у, кæд фыццаг секретарь нал у, уæддæр райкомы секретарæй куы кусы. Йæ уазæджы машинæйы йын бензин кæй нæ ныккодтой, ууыл нæ тыхсы. Фæлæ уымæй дæр бæрæг у, цы кад ын кæнынц, уый. Чи зоны, æгæр амæсты уазæджы раз. Ацæргæ лæг у, æцæг, Дæгка æмæ йæм райкоммæ сидын дæр кæ хъуыдис, телефонæй йæм бадзырдтаид. Фæлæ ницы кæны. Фыццаг бонты куынæ бамбарын кæнай адæймагæн, чи дæ, уый, аргъ дын куынæ кæна, уæд æрæджиау дæ сæрмæ схиздзæнис. йæ хъуыдытæй стыхст Сандыр. Цыдæр æхсызгон хъуыддаг æй бакæнын кæй хъæуы, уый æмбæрста, фæлæ цы, уый æрцахсын йæ бон нал уыд. 12 Тынг зæрдæвæйлыдæй æрцыдис хæдзармæ Дæгка. Кæрты ныллæг æртæтигъон бандоныл æрбадтис. Фæлзарæн кæй нæ рауадис, уымæй нæ тæрсы. Дыууæ боны йедтæмæ нæма кусы МТС-ы, мæнæугæрдæнтæм иннæтæ цæттæ кодтой æмæ дзы уый ницы аххосджын у. Фæлæ райсом, иннæбон æнæхъæн тъæпæнтæ кæрдын райдайдзысты æмæ ма хорз бацæттæ кæнын къухы бафтдзæнис? Афтæ æдзæттæйæ куы райдайой кусын, уæд хъуыддæгтæ куыд ацæудзысты, уый хæйрæджытæ дæр нал равзардзысты. Фыццаг бон æхсæз машинæйы асаст. Уый æрмæст фыццаг бон! Уæвгæ æвзæр цалцæггонд чи уыдис, уыдон уайтагъддæр рабæрæг сты, фæлæ иннæтæ кæд хорз кусиккой. Стæй цæмæн асастысты машинæтæ? Чи сæм зылди? 56
Базонын хъæуы зылынджын кусджыты, бафхæрын сæ æмбæлы, сæ мыздæй сын бауром, уæд тæригъæд хъуыддаг нæ уаид. Хуыздæр гæнæн нæй. Абон сæ дзуапп ма бацагур* уæд сайæн куыст бакæндзысты райсом дæр, иннæбон дæр. Нæй, афтæ æнæ кæнгæ нæй. Адæммæ иу хуызы зондахаст нæма ис, æмæ чи зæрдиагæй кусы, чи та ма сайгæ дæр акæны. Хорз нæ уыд, Сандыримæ кæй фæбыцæу сты, уый дæр. Æвæццæгæн, Дæгка йæхæдæг дæр æнæ аххос нæу. Æнæхайыр фæуæд уыцы бензины цъыртт. Сандыры йæ уазæджы раз фæкъæмдзæстыг кæна, уый аргь нæ уыдис... Быдырæй мæстыйæ æрыздæхтис, йæ цæст ацахста кæйдæр машинæ æмæ фæцæхгæр ис. Æндæр йæ кабинетмæ куы бацыдаид, уæд фæсидтаид скълады хицаумæ, бамбарын ын кодтаид, афтæ æмæ афтæ у хабар, æмæ макуыуал æрбарвитæнт иу машинæ дæр МТС-мæ бензин кæнынмæ, зæгъгæ. Æнæуи та раст бакодта. Ахæм лыстæг хъуыддæгтæй райдайы хæлын куысты æгъдау... 0, саг лæг у Дзибус. Дыууæ мæйы йедтæмæ нæма кусы Ленины номыл колхозы сæрдарæй, афтæмæй йæм цас пълантæ ис. Æмæ йæм хаугæ дæр хорз колхоз æркодта, Ирыстоны колхозтæн сæ хуыздæртыл нымад у. Дæгкайы зæрдæмæ фæцыд Дзибус, хистæр цы ног фæлтæрмæ фæбæллы, уыдонæн сæ хуыздæртыл куы сæмбæлы, уæд куыд фæцæуынц, афтæ. Уый йын барухс кодта йæ зæрдæ, æндæр бынтон æнтъыснæг хъуыдыты хай фæцис. — Мæ бон! (Нанайæн йе ’сиахс кæд ацæргæ лæг уыдис, уæддæр ма йæм чысыл лæппумæ дзурæгау «мæ бонæй» дзырдта). Дæхи дæр, мæ чызджыты æмæ ма мын нæ ахуыргæнæджы дæр сыдæй куы марыс... Уæд исчи афтæ кæны. — Æмæ-иу мæнмæ ма кæсут, нана..Мæн хъуыддæгтæ бауромынц, уыдон ичъийау хæцынц адæймагыл. — Рацу, уæдæ, рацу мидæмæ æмæ исты ахæрæм,— загъта нана, æмæ чызджытæм дæр адзырдта. Уыдон Залханимæ рацыдысты сæ уатæй, æмæ уæд Дæгка загъта: 57
— Нæ фæлæ ше фыиг кæртмæ, бæласы быпмæ, куы рахæссиккам, уæд цы кæны? — Махæн та нæ сæры зонд уый никуы æрцахста, къуымтæм нæхи байсæм, кæрты та — дыргъдон, динджытæ, кæрдæг.... Дæгка йæ мидбылты бахудти, йæ худтыл дæр фæзынд йæ1 зæрдæйы уаг. — Чызджытæ, мæ бонтæ, уæвгæ нæм ницы ис, фæлæ уæлибæхтæ мидæгæй æрæвæрдтон æмæ сæ кæртмæ райсут, — сдзырдта нана. Иæхæдæг дæр нал фæлæууыд æмæ сæ фæдыл бацыд. — Лывзæ айсут, уæ фæхъхъау фæуон, ма уын акæлæд. — Æмæ нæ ныууазал, нæ, нана? — афарста Валя. — Нæ, мæ бон, нæ. Ныр ма йæ ныртæккæ райстон уæлартæй. Дыууæ чызджы рæвдз февнæлдтой. Хæринæгтæ равдæлон кодтой буфеты уæлвæйнæгмæ. Рахастой стъол бæласы бынмæ, уайтагъд ыл æмбæрзæн айтыдтой æмæ йыл тæбæгътæ авæрдтой. Сæ фæстæ рацыд нана дæр, йæ къухы хаста графины дзаг бæгæны. — Чызджытæ, рæвдздæр уæ чи у, уый рауадзæд бæгæны. — Дæ фыд Гæбæти ам куы уаид, уæд ацы бæгæныйæ кæрæдзимæ басидтытæ кæниккам, — загьта Дæгка. — Мæнæн фыд нæй, — æдзух куыд фæдзуры, афтæ та загъта Валя, æмæ йæ цæсгом фæсырх. — Ис дын, ис дын фыд, Валя, уымæй дæр тынг хорз фыд, æмæ йæм бынтоп дзæгъæлы мæсты кæныс, дзæгъæлы ис фыдæй дæхи æнæхай уадзыс. — Цас мæ уарзы, уый бæрæг уыдис... — Ды ма гыццыл уыдтæ, ницыма æмбæрстай, хъуыддæгтæ куыд æмæ цæмæн афтæ рауадысты, уымæн. Дæ фыд Гæбæтийæн цы зæрдæйы конд ис, уый мæнæн бæлвырд у æмæ уый иунæгæй аххосджын нæ уыдаид. Стæй, æвæццæгæн, ды зонгæ дæр нæ кæныс, уадзгæ уæ кæй нæ ныккодта, хæст уæ кæй фæхицæн кодта æмæ уæ баиу кæнын нал бауагъта. — Уыдон дын, æвæццæгæп, йæхæдæг фæдзуры. Фæлæ мæ мад та бынтон æидæр ныхæстæ... 5$
— Мад æм хæрам уыд. Фæлæ йæм ды та дзæгъæлы мæсты кæныс. — Æз æм мæсты дæр нæ кæнын, уарзгæ дæр... Зонын мæ мæгуыры бон æмæ мæхицæн ныхъхъус дæн, æндæр цы бакæнын у мæ бон? — Цæй, уæдæ, дæ цæрæнбон бирæ уæд, дæ амонд та ноджы тыхджындæр, мæ чызг Валя, — загъта Дæгка, æмæ бæгæны анызта. Æнæуи дæр хъарм бадт фæкæнынц, фæлæ ацы изæры хуызæн никуы адаргъ сæ адджын ныхас. Хуры аныгуылды фæстæ чысыл фæтар, стæй уайтагъд рæгъты сæрæй æрбазындис æвзист тæбæгъы хуызæн сыгъдæг мæй æмæ бæстæ ныррухс кодта. Рог сатæг уадымс æхсызгон уыдис се’ппæтæн дæр. Ахæм сахат æдзухдæр афтæ вæййы, æмæ бинонты ныхас уайтагъд иу хъуыддагæй иннæмæ ахизы. Æ’ппынæрæджиау Залхан æмæ Дæгкайы æхсæн ацайдагъ ныхас скъолайы куысты тыххæй. — Æз мæхи стыр педагог дæр нæ хонын, ахуыртæ куыд рацаразын хъæуы, уый алыг кæныны хæс дæр мæхимæ нæ исын. Фæлæ ахуыргæнæгæй ныр къорд азы кусын, æмæ мæм цæмæндæр афтæ кæсы, цыма не ’скъола раст нæ хъомыл кæны фæсивæды. — Æмæ уый кæд бæлвырд зоныс, уæд цæуылнæ радзурыс, цæуылнæ æрæвæрыс фарста, уадз æмæ йæм æркæсой, уæд та газеты...—загъта Дæгка. Залхан йæ мидбылты бахудтис, куыд рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ худт фæкæны, афтæ, æмæ Дæгкамæ бакæсгæйæ загъта: — Ахæм хъуыдымæ дæр æрцæуын, фæлæ нæ куысты сæйраг сахъат цы у, уый æххæстæй нæма равзæрстон. Иннæмæй та, чысыл тæрсгæ дæр кæнын, — зæгъгæ та йæ мидбылты бахудтис Залхан, — ахæм адæм дæр ма нæм ис æмæ дæ ног хъуыдыты тыххæй исты æвзæр номæй рахондзæнис, æмæ, марадз, уыйфæстæ йемæ дзур. — Тæрсгæ ма кæн. Ахæмтæ дæр разыны, фæлæ адæм бирæ сты æмæ дæ бамбардзысты, раст куы уай, уæд дæ фарс фæхæцдзысты. — Мах Залханæй дзы тæппуддæр нæма фендæуыд, — цыма бустæ кæны, ахæм хуызæй загъта Зæли59
нæ, — хорз ахуыргæнæгыл нымад у, дæсны, афтæмæй йын куы зæгъай, æмбырды ма иу-дыууæ ныхасы зæгъ, зæгъгæ, уæд фыртæссæй ризын райдайы. — Æгæр мæ рагшæлыдтæ, хæрзтæй мæ дзæгъæлы рахуыдтай. Фæлæ мæм не ’скъолаты куысты сахъатдзинад уый кæсы æмæ... Куыд æй зæгъон... Æрмæст чиныгмæ гæсгæ ахуыр сывæллагттæн нæ дæтты, царды сæ цы бахъæудзæн, цардимæ баст чи у, ахæм зонындзинæдтæ. — Цыма дæ хъуыды раст у, афтæ мæм кæсы, кæд æй уыйас æмбаргæ нæ кæнын, уæддæр, — бакаст æм Дæгка дæр. — Мах скъолайы цæуыл ахуыр кæнæм, уый иппæрд у цардæй. Нæ исы скъоладзауы зæрдæ, райсом чи ницæмæн бахъæуа, уый. Цæмæн æй хъæуы, уæ хорзæхæй, электрон тыхы тыххæй зоныы, йæ хæдзары счетчикы пъропкæ куы басудза, уæд уый аивын йæ бон куы нæ уа, уæд. — Æгæр æнæзонæгæй сæ æвдисыс,—бахудт Дæгка. — Чи зоны, фæлæ æз афтæ зæгъын, æмæ дæс къласы каст чи фæвæййы, уымæн мах раттæм, хъоМ’Ыл кæй у, цæттæ адæймаг кæй у, уый тыххæй тестат. Æмæ цæмæ цæттæ у? Окъола йæ иу куыстыл дæр куы нæ сахуыр кодта æмæ дарддæр цы ми кæна, уый куы нæ зоны? Нана æнцад бадти изæрсарæй дæр æмæ лæмбынæг хъуыста. Цæуыл дзырдтой, уый ые ’мбæрста, цыдæр хорз ныхæстæ кæй кæнынц, ууыл æууæндыд æмæ йын æхсызгон у сæ быцæу. Валя мæйы рухсмæ кæсы зæронд усы цæсгоммæ, йæхи исты æмбарæг кæй скодта, уый уыны, æмæ йæм худын æрцыдис. — Ам иу лæппу ис... лæппу нал у, æнæхъæн лæг сси, фæлæ цыма нæ куысты сахъæттæ иууылдæр уый царды рабæрæг сты, афтæ мæм кæсы. Зонын æй, фьщцаг къласы ахуыр кæнын куы райдыдта, уæдæй нырмæ... Дæсæм кълас тыххæйты каст фæцис мæхи къухы, ;æмæ йын тагъд куы нæ феххуыс чындæуа, уæд, æвæццæгæн, йæ царды раст фæндаг не ’ссардзæн. — Чи у, чи, уыцы лæппу, — сонт фарст акодта Зæлинæ. Уайтагъд дæр фембæрста, ныхас кæй тыххæй цæуы, уый. 60
— Уе ’ппæт дæр æй зонут. Уæлæ Хæнæзты Алтегæй зæгъын. Сызгъæрины хуызæн рæсугъд лæппуйæ бацыдис окъоламæ. Фыццаг дзæбæх ахуыр кодта, стæй йæ базыртæ уæззауæй-уæззаудæр цыма кæнынц, уыйау сæ æруагъта... Лæмæгъ зонындзинæдтимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бахаудта институтмæ. Куыстæй та ницы куыстмæ арæхсы, ницæуыл фæхæст æмæ фесæфт. Зæлииæ амæсты Залханмæ, Алтегæй ахæм ныхас кæй загьта, уый тыххæй. Чызгмæ куыд каст, афтæмæй ахуыргæнæг никуы аныхас кодта лæппуимæ æмæ йын йæ зæрдæйы уаг нæ зоны. — Уанцон нæу, Залхан, быитон сæфт æй куы рахуыдтай! — Нырма бынтон сæфт нæма у. Куы йæм фæкæсиккам иууылдæр, уæд ма йын срастгæнæн ис. Раст та суыдзæнис, æрмæст исты куыстыл куы фæхæст уа, уæд. Скъола йæ исты дæсньгйадыл куы сахуыр кодтаид, уæд абон расыгæй мамазила нæ кæнид æмæ йæ кæцырдæм цæуын хъæуы, уый зонид. Æнцад хъуыста Зæлинæ Залханмæ, йæ зæрдæ та сыгъдис дывыдон арты. Стыхстис йæхимидæг, цæуылдæр фæсмон кодта, цыдæр зæгьын æй фæндыдис, фæлæ ницы дзырдта. «Мæхæдæг, мæхæдæг æй сраст кæндзынæн, мæн тыххæй ныууадздзæн йæ нуазын дæр, хæхтæ дæр афæлдахдзæн, куы хъæуа, уæд», — дзырдта йæхинымæры. Залханæн та йæ зæгъын фæндыд: «Ныууадз мæгуыр лæппуйы, цы у, уый дзы зæгъ, фæлæ цы нæ у, уыдон ыл мачи мысæд». — Залхан, алчидæр зоны, Алтег тынг кæй фехæлд, уый. Фæлæ йæ бынтон скъолайы аххос кæнын нæ хъæуы. Уый йедтæмæ ма бирæтæ фесты каст скъола æмæ дзы иутæ ахуыр кæнынц, иннæтæ кусгæ, — загъта Дæгка. — Уый раст у,—дзуапп радта Залхан Дæгкайæн,— се ’ппæт ахæмтæ нæ вæййыиц. Фæлæ уæддæр... Мæнæ дохтыртæм та ахæм æгъдау ис, æмæ низ бахæцынæй тас кæмдæриддæр уа, уым карз тохы бацæуынц... Хъуамæ афтæ кæна скъола дæр. — Кæсыс, цы хорз хъуыдытæ дæм ис ахуырад ра61
царазыны тыххæй æмæ сæ дæхимæ дарыс. Ныффысс газетмæ æмæ сыл адæм æрныхас кæной. — Ау, районы центры куы цæрæм, МТС нæ тæккæ разы куы ис, уæд не ’скъола цæуылнæ рауагъта уæд та иу-цалдæр трактористы, комбайнеры, кæнæ шофыры... — цыма Дæгкайы ныхас нæ фехъуыста, уыйау дарддæр дзырдта Залхан. Афтæ фæдзырдтой æхсæвы æнафонмæ æмæ кæд ныхас иу хъуыддагыл цыд, уæддæр сæ алкæмæ дæр йæхи сагъæстæ уыд... Æхсæв афтæ сабыр уыд, мæй афтæ фæлмæн рухс кодта, хæхты цъуппытæ афтæ ирдæй зындысты æмæ цыма дæ бынатæй фезмæл, уæд дунейы рæсугъддзинад фесæфид, уыйау сæм каст. 13 Уыцы диссаджы мæйрухс æхсæв, кæрты бæласы бын æнцад бадгæйæ, Зæлинæ ссардта стыр маст. Куыд хъуамæ фесæфа Алтег! Хæлар зæрдæ йын куы ис, уый цы фæлмæн æмæ рæвдауæн ныхæстæ ссара, ахæмтæ куы ничи ссардзæн, уый куыд æфсæрмы кæны æмæ æгъдау куыд ратты, афтæ æндæр исчи куынæ арæхсы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрыгон уæвгæйæ йæ нозт халы. Фæлæ нуазгæ дæр æмбæлтты æфсæрмæй бакæны æмæ йæ ныууадздзæнис, йæ рæдыд куы базона, уæд. Фæстаг рæстæг ыл нал æмбæлы, æмæ дис кæны Зæлинæ. Иæхæдæг та йæ куыд нæ агуры? Æдзухдæриу йæ размæ лæууыдис, куыстмæ цæугæйæ дæр, куыстæй рацæугæйæ дæр. Куы ма йыл сæмбæла, уæд баныхас кæндзæн йемæ æмæ йын ныууадзын кæндзæн йæ нозт, йæ цæсгом чъизи нал уьгдзæн адæмы раз... Кæй уарзыс, уымæн æппæт дæр комкоммæ зæгъын худинаг нæу. Цы сахъæттæ йæм ис, уыдонæй хъуамæ фервæза, сæ цард куы сиу кæной, уый размæ. Кæд Алтегыл сæмбæлид æмæ йын йæ судзаг сагъæстæ радзурид, зæгъгæ, Зæлинæ сразы ис Ботасты хуындзæуттæм æгасцуай зæгъынмæ ацæуыныл, фæллад уыдис, афтæмæй. Абонмæ йæхæдæг дыууæ операцийы снысан кодб^
та — аппендицит æмæ, уæззаудæр операци, ахсæны хъæдгом ралыг кæныы. Фæлæ куыддæр йæ куыст фæци, пинцеттæ æмæ хæсгæрдтæ фыцгæ доны авæрдта, афтæ рынчындоны къæлидорæй æрбайхъуыстысты кæйдæр богътæ: «Оу, тонын, гормæттæ! Уæд та мын мæ гуыбыны...» Зæлинæмæ тагъд-тагъд бацыд æрыгон, фæлæ урсхил дохтыр æмæ загьта: — Æнхъæлдæн лæгæн йæ тъæнгтæ фелхынцъ сты, æмæ йын æвæстиатæй операци кæнын хъæуы. Зын дын у, Зæлинæ, фæлæ дæ бафæразын хъæудзæн, кæннод лæг сæфы. Цъусдуг ницы сдзырдта дохтыр, райхæлдта йæ цæсгомы баст æмæ фæлладæй загъта: — Цом, фенæм æй. ...Тъæнгтæ иу ран сау кæнын райдыдтой. Рынчын фынæйæ ницыуал æмбæрста, фæлæ-иу, æвæццæгæн, фыррыстæй фестъæлфæгау кодта. Æнæ бавналгæйæ — мæлæт, бавналгæйæ дæр чысыл фæрæди, зæгъгæ, уæддæр ын фервæзæн нал ис. Æркастысты дохтыртæ лæджы уавæрмæ æмæ бамбæрстой: æвзæр ран фелхынцъ сты тъæнгтæ, сæ бавналæн зын... йæ цæстытыл ма уади Зæлинæйæн, туг куыд сæххæтт кодта, йæ развæндаг ын куыд ахгæдта, сестратæн æй асыгъдæг кæнæн куыд нæ уыдис æмæ куыд мæсты кодта, уыдæттæ. Цæф хуинмæ ма фæлæууыд, фæлæ бæттынмæ нал. Рацыд сæхимæ. йæ уæнгтæ донласты хуызæн уыдысты, сæр зылдис æмæ тыххæй æрхæццæ. Валя йын загъта, Ботастæй сæм æртæ хатты хонæг уыдис æмæ сын уырдæм цæугæ у, зæгъгæ. Зæлинæ йæ сæр æнкъардæй батылдта: — Æз фæллад дæн æмæ мæ бафыиæй йедтæмæ ницы фæнды. — Фæлæ Алтегæн дæр уым æнæ уæвгæ кæй нæй, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд, æмæ загъта: — Чысыл мæ мæ фæллад суадзын бауадз æмæ ацæудзыстæм... Зæлинæитæ Ботастæм куы бацыдысты, уæд кæрты тымбыл хъазт уыдис йæ тæккæ тынгыл. Адæм сыл бацин кодтой æмæ чызджытæ фефсæрмы сты. 63
Чызджытæ атыгуыр сты сæ алыварс, æмæ сæ цинТæ æмæ хъæбысты фæстæ акодтой хъазтмæ. Зæлинæ йæ цæст ахаста фæсивæдыл. Хъæуы бирæ лæппуты æхсæн агуырдта Алтеджы. Ам дæр куынæ ис... Кæд искæдæм ацыд. «Нæуу зæххытæм цæуын æмæ дзы кæд а лæппу ордентимæ не ’ссæуа, уæд йæ мадæн чызг фæуæд», зæгъгæ-иу дзырдта æмæ нæуу зæххытæм ма ацæуæд. Хъазты чегъре Данел уыдис, æмæ уый фехсызгон Зæлинæйæн, — уыимæ арæх вæййы Алтег. Фæлæ абон иумæ не ’сты. Никуы зыны йæ уарзон... Уæвгæ та куыд диссаджы хъæлдзæг лæппу у Данел! Куысты фæзына, уæд разæнгардгæнæг, хъазты фæзына, уæд хуыздæр кафæг, зарджыты æхсæн фæзына, уæд дзы уый цъæхснаг хъæлæсæй рæсугъддæр кæй хъæлæс райхъуысы. Æвæццæгæн, хъазты фылдæр хатт чегъре уымæн вæййы. Хорз арæхсы, æмæ йæ фæсивæд нал фæуадзынц, фæрæвдз нын кæн нæ хъазт, зæгъгæ. Æмæ уæд уый дæр, куы нæ йæ фæфæнды, уæддæр фæндыр искæйы къухы фæсадзы (чызджытæй чи дæсныдæр у фæндырдзæгъдынмæ, уый та зонгæ нæ кæны?!), раппары, цыма иыл уыциу ныхылдæй фæхæст, афтæ чызджытæй кафын кæй нæ фæфæнды, уый, æмæ хъазт стыиг вæййы. — Æрмæст уып хъусын кæнын, кæфтытæ фæллойбонтæм гæсгæ уыдзысты. Фондзыссæдз фæллойбонæн иу кафт. Гъа, афтæ ма иу æхсæз-аст боны куы хъуаг кæной, уæд та йæм-иу къамис æркæсдзæн æмæ йæхи чи куыд дары, уымæ гæсгæ уынаффæ хæсдзæн... Гъæйтт, уæдæ хъазт! — æрæмдзæгъд-иу кодта Данел, æмæ-иу æмдзæгъд фæсивæд сæхимæ айстой. — Ард дæ хæдзары бацыд, дæ фыдыфыд Инусы мард æрымысыдтæ, æви цы æрæнкъард дæ, гогызау дæ лукъа цы æруагьтай, ай хъазт куы у, уæд, — зæгъгæ-иу раппæрстаид лæппутæй йскæй кафæн фæзмæ. — Ницы, ницы, кафыныл нæма сахуыр дæ, — дзырдта-иу рæсугъддæр чи кафыдаид, уымæн, — дæхи ма дæ ацахуыр кæнын хъæудзæн, кæннод дæ ницы рауайдзæн. Нæ худтæ дæр ауæй кæнæм, æмæ йæ арвитæм, хорз адæм, курсытæм, кæннод лæг кафын нæ зоны æмæ сæфы нæ цæстыты раз. 64
Æмæ кæмæн цы худæджы, цы зæрдæлхæнæн ныхас не ’ссардзæн! Уымæн хорз цыдысты хъуыддæгтæ, Данел-иу чегъре кæм уыдис, уым. — Æмæ дæ хæлар ам куыд нæ ис? — бафарста Данелы Зæлинæ, фыццаг кафты фæстæ йæм куы баввахс ис, уæд. — Мæнæн хæлæрттæ бирæ ис. — Кæм дын ис Алтег, ам куынæ зыны. — Тæрсгæ йын ма кæн, — йæ цæст хин ныкъуылд фæкодта Данел, — ам ис. йемæ горæтаг уазæг æрцыд æмæ ныртæккæ фæцæуынц хицæнæй абадынмæ. Мæнæ уал иннæтимæ акæфтытæ кæн, æндæр цы гæнæн ис, — хатыркурæджы æлхъывд фæкодта йе ’уæхсчытæ чегъре æмæ хъазтырдæм азылд. Уыцы рæстæг Зæлинæмæ йæ номæй чидæр сдзырдта æмæ йæ бынаты фестъæлфыдис. Уый уыдис Алтеджы хъæлæс. Фæлмæн, рæвдауæн ныхас-иу куы кодта, уæд-иу куыд хъуысыдис, ныр дæр афтæ зæрдæмæдзæугæ уыдис йæ ныхас. Фæлæ йæм Зæлинæ сонт каст нæ фæкодта, чызгæн, дам, афтæ не ’мбæлы. — А-а! Алтег куы дæ, — цæмæй йын чызджытæ йæ зæрдæйы уаг ма бамбарой, уый тыххæй загъта карзгомауæй. — Ам дæ ды дæр? — Ам дæн, уæртæ мемæ горæтæй уазæг æрцыд æмæ мæ нал уадзынц, къæбæр дам ын бахæрын кæн... Æмæ нæ мидæмæ, фынгтæм кæнынц. Ам дæ, зæгъгæ, мæ хъустыл æрцыд æмæ мæхи нал баурæдтон... Стæй дæм мæнæ гæххæтт дæр ис æмæ дын æй, зæгъын, раттон. Кæмæй у, уый базондзынæ... Цæй, бахатыр кæнут, мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, — загъта Алтег. Иæ сæры акуывдæй салам радта чызджытæн æмæ ацыд. Фæлæ цæ^мæн афтæ дзæбæх фæкаст Алтег Зæлинæмæ а изæр? Кæд ын уыцы рæсугъд мæйрухс æхсæвы фæстæ тæрсгæ, гъе та тæригъæд фæкодта... Æндæрхуызон нæ фæци, уæдæ йыл уæлдай диссагдæр дарæс дæр нæ уыдис. Фæлæ куыд сыгъдæг уыдысты, куыд æрттывтой, куыд уарзæгой æмæ æмбаргæ каст кодтой йæ цæстытæ! «Нæ, ахæм æвзæр нæу Алтег», — дзырдта йæхинымæр Зæлинæ, æмæ гæххæтты цы фыст уа, зæгъгæ, хъуыды кодта. Гæххæтт Алтегæн йæхи фыст кæй 5 Адæм алæм сты 65
уыди, уый дызæрдыггаг нæу. Ахæм митæ йæм вæййы. Данел зыдта, хистæрты дæр акафын кæй фæнды, фæлæ сæхи къахæй хъазтмæ бацæуын, æгъдаумæ гæсгæ, æфсæрмы кæй кæнынц, уый. Уæлдайдæр æризæр, æмæ мæй тагъд скæсдзæн. Æмæ сæ æрбакодта хъазтмæ, фæйнæ хонгæ кафты сын расидти. Хъæуы нымаддæр æмæ зæронддæр лæг, фиййæутты хистæр, Ботас йæ кафты тынгмæ бахæццæ ис. Фæндыры зæлтæ изæрон дымгæ дардмæ хæссы. Къухæмд’зæгьд дæр стынг. Уалынмæ хæдзарæй цыдæр хъæлæба райхъуыст. Чызджыты рæнхъ иуварсырдæм фефсæрста æмæ фескъуыд. Хъазты астæумæ æрбакалдысты, кæрæдзи нæмгæ цавæрдæр лæппутæ. Семæ уыдис Алтег дæр. Йæ сæрыхил пыхцылтæ, йæ цæсгом цæмæйдæр сау хъулæттæ, сæры фахсæй туг хъары. Дари хæдон апырхытæ æмæ æрзæбултæ. Чегъре йæ къухтæ уæлæмæ систа æмæ дыууæ цъыччы фæкодта. Уый амыдта: «арт» хуыссын кæнынмæ бавналын хъæуы йæ къорды уæнгты. Данелы къорд та ахæм къорд уыд. Хъæуы-иу хъазт, кæнæ æыдæр циндзинад уыди, зæгъгæ, уæд-иу Алтеджы хуызæн фыдуаг загъд æнæ ракъахгæ нæ фæцис. Хъæлæба, над, загъд-иу самадтой æмæ-иу адæмы циндзинад фенад. Уæд иухатт Данел загъта фæскомцæдисон организацийы комитеты уæнгтæн: — Иарæбынæллæх, æнæхъæн дзыллæ куы стæм, уæд иугай хулигантæн алы хатт нæ циндзинад æнад кæнын цæмæн уадзæм? Ау, стыр фæскомцæдисон организацийæн уыдоны басабыр кæнын йæ бон нæу? — Ды дæр фæскомцæдисон дæ æмæ сæ басабыр кæн, — мæсты дзуапп ын радта секретарь. Данел ахъуыды кодта, хин мидбылхудт йæ цæсгомыл фæзынд. — Мæ бар сæ кæныс? — Табуафси, мæ худ дæр ма дын сисдзынæн. Уый фæстæ Данел хъæуы сæрæндæр æмæ къабазджындæр лæппуты æрбамбырд кодта æмæ сын загъта: — Афтæ куы уа, уæд нæ уыцы иугай фыдуæгтæ акафын, кæнæ куывды абадын дæр нæ бауадздзысты. Нæ фæлæ баныхас кæнæм, æмæ-иу ахæм ран исчи 66
стæлфт, зæгъгæ, уæд-иу æй æнæуынæрæй адæмы æхсæнæй федде кæнæм. Данелы къорды хабар куы базыдтой, нæ фæлæ куы бамбæрстой иуæй-иутæ, уæд фæхъус сты. Ра» гæй нал æрцыд а хъæубæсты абоны хуызæн загъд... Данелы фæзынд уайтагъд бамынæг кодта хъæлæба. Лæбурджыты цæнгтыл дæларм-дæларм æрхæцыдысты йе ’мбæлттæ æмæ сæ стæлфын нал бауагътой. Алтег лæбурджытæн сæ къабазджындæр разынд æмæ йыл Данел йæхи ныццавта. Мæлæты хорз ыы фæхæст йæ цæнгтыл, æмæ кæд цыфæнды фæлтæрæнтæ кодта, уæддæр æй нал суагъта. Йæ ракæ-бакæйыл ын кæлæй худтис æмæ дзырдта: — Алтег, уæддæр дæ нал суадздзынæн, уый куы зоныс, уæд ма цы чъыллиппытæ кæныс... Ныууадз, хæйрæг бахæрæд фыдуаг миты. Банцай, æмæ нæхимæ цом. — Мæ уазæджы мын бафхæрдтой, æз, дам, æй спекулянтæй бонын. Æмæ æз мæ уазæджы æфхæрд зæххы бын дæр нæ ныууадздзынæн, — лæбурыныл ма архайдта Алтег, фæлæ йæ Данел хъазтæй дардæйдарддæр ласта. — Суадз мæ, мард дыл æрцыд, лæбургæ нал кæнын... мæ уазæг кæм ис? — Ма йын тæрс. Марды хабар нæм нæй, фæлæ дзы над хуызæнæн кæй уыдис, уый дæ уæлæ зыны, — худы Данел. Иу хатт фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта Алтеджы уазæджы. Ууыл фидар хæцыдысты йе ’мбæлттæ æмæ йæ æрцæйкодтой уынгты. Æрлæууыдис, æнхъæлмæ сæм кæсы. Куы æрхæццæ сты, уæд йе ’мбæлттæн загъта: — Дарддæр мах нæхæдæг ацæудзыстæм, сымах аздæхут, хъазтмæ уæ цæст фæдарут! Лæппутæ аздæхтыеты. Данелитæ дæр дарддæр араст сты. — Уæуу, м)æнæ бæллæх, — схъæрзы Алтег æмæ абæрæг кæны йе ’фсæр. Фырмæстæй йæ цæссыгтæ æрцæйкалдысты. — Иргъæвджытæ зыдтой, мах тыхджындæр кæй уыдыстæм, уый, æмæ ныл сæхи ныццавтой... 67
Уыдоны та ничи иргъæвта æмæ нæм æрбаирвæзтытæ кодтой... — Фæлæуу, ацы зæххыл кæд цæуой, уæд нæ нæ аирвæздзысты, — бартхъирæн кодта Алтеджы уазæг. Данел йæ сæр иуварс азылдта, йæ худын ын куыннæ феной, афтæ. Ахæм къаннæг уыд æмæ йæ асхойынмæ дæр Данелы къух нæ батасыдаид. Алтеджы зæрдыл æрбалæууыдис, Зæлинæ йæ цы уавæры федта, уый, æмæ йæ маст æрбафыхт. Æгады бынаты чи баззад, уыцы лæппуйæн, ай-огьай, нал бакомдзæнис рæсугъд æмæ ахуыргонд Зæлинæ. — Гъох, — зæгъгæ, сырды богъ фæкодта Алтег, æмæ фæстæмæ фæзылд. — Нæй, кæнæ æз, кæнæ уыдонæй иу æгас нал уыдзæн. Фæхудинаг мæ кодтой æмæ мын мæ цард айсæнт. — Гъæйтт, хъазуаты бон ныккодта, уæдæ, лæппутæ! — йæ цыбыр къæхтæй уасæджы тахт акодта Алтеджы уазæг дæр. — Уæуу мæнæ мардæрцыд! Цы кæнынмæ хъавыс, кæд æрра не ’сдæ, уæд, — зæгъгæ, асырдта Данел Алтеджы уазæджы. Æфцæгготæй йæ ацахста æмæ ма кæд йæ къухтæ тылдта, уæддæр æрсабыр. Алтег чысыл дарддæр азгъордта æмæ фæстæмæ фездæхт. — Рауадз æй, æмæ нæ маст райсæм. Кæннод нæ мæлæт хуыздæр у, — дзырдта Алтег, фæлæ йын йæхи дæр Данел галиу къухæй ацахста æмæ сæ тыхтæ æмæ амæлттæй Алтеджы хæдзарырдæм кæнын райдыдта. 'Æнæнхъæлæджы Данелы уадулыл ахæм цæф сæмбæлдис, æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, ахауынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, — йæ къухтæй феуæгъд сты дыууæ загъдгæнаджы дæр. — Уый та дзы дæуæн. Ды мын æрцахстай мæ къухтæ æмæ м!æ ды фæнæмын кодтай, — дзырдта Алтег, уæззау улæфт кæнгæйæ. — Цы кодтай, дæ хорзæхæй, дæ зонд дæр банызтай? Æз дын дæ къухтæ куы æрцахстон, уæд дæм хæстæг дæр куы ничиуал æрбацыд. — Дæуæй мын хæлардæр нæ уыд, æмæ мыл гадзрахатæй рацыдтæ, мæ сæрыл балæбурыны бæсты мæ фæнæмын кодтай адæмы æхсæн, — йæ дзыккутæм фæлæбурдта Алтег, — Зæлинæйы раз... æмæ дын, гъа, — 68
йæ къух дард фæхаста æмæ та Данелы ныццæвынмæ хъавыд, фæлæ йæ уый ацахста æмæ йæ иуварсмæ фехста. — Дæ нозтæн ссæуын афон дæр у, гормон, афтæмæй дæ зонд дæхимæ нæма ис, — сабырæй загъта Данел. Уыцы рæстæг йæ чъылдымæй хъихъхъы хуызæн фехъуыст: — Гъæйтт, уæдæ, кæд хъазуат, уæд хъазуат! Фæстæмæ фæкаст. Алтеджы уазæджы къухы ферттывта карды ком. Фыдгæнæджы хъавд уыдис Данелы фæсонтæм. Данел ын йæ къухмæ фæлæбурдта æмæ фæсонтæ цæвын нæ бауагъта, фæлæ кард галиу цонджы ныссагъд. Ацахста йын йæ ’къух, нылхъывта йæ йæ тых-йæ бонæй, стæй л’æппуйы дард фехста. Уый атылдтытæ кодта æмæ зæххыл баззад. Фыррыстæй Данелæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, фæлæ уæддæр цонджы фæлмæнтæй сласта кард. — Æвзæрæй гуырд, исчи та ма йе ’мбалæн хорздзинад .æрласы, ды та нын кард æрхастай, — йæ хъæдгомыл хæцгæйæ, загъта Данел. — Кардæй дæ ныццавта? —- тарст хъæр фæкодта Алтег, æмæ йæм базгъордта. — Арф цæф у, фæлæ йын кæд ницы уаид. Тагъд мæ хæдоны дыс аскъуын æмæ мын мæ цонг æрбатух, рынчындонмæ цæуын хъæуы... — стæй уазæгмæ фе’здæхт- — Ма йæ ауадз! Хъуамяе суды раз дзуапп радта, — сдзырдта Данел, фæлæ йæ сæр разылд æмæ иуварсмæ ныццудыдта. 15 Рынчындоны цалдæр боны баурæдтой Данелы, кæд нæ куымдта, æмæ, цыфæнды рыстæн дæр фæразгæйæ, йæ къух тылдта æмæ йе ’нгуылдзтæ змæлын кодта, уæддæр. Куыддæр, тулдз къодахау, гуырымыхъхъ лæппу касти уæдæй размæ Зæлинæмæ. Фæлæ йын фæлмæн, уарзаг зæрдæ кæй ис, рæсугъд æмæ сыгъдæг хъуыдытæ йæм кæй ис, уый ныр базыдта. Кæм фæзындаид, уыцы палатæйæ-иу худын йедтæмæ ницы хъуыстис. 69
Боныгон-иу куы афынæй, уæд цыма рынчындон бæлвырд фенкъарддæр ис, афтæ зынд. — Æмæ дæ ахуыр æмбисыл куыд ныууагътай, кæронмæ йæ куыд нæ ашидгё кодтай?—бафарста йæ иухатт Зæлинæ. Сывæллонау йæ мидбылты бахудтис Данел. — Æмæ-гъа. Афтæ куыддæр рауадис... Адæм иууылдæр хъæбатыртæ сты, иутæ Фыдыбæстæйы хæсты фесгуыхтысты, иннæтæ — революцийы рæстæджы, æмæ æз дæр æнцад бадын мæ сæрмæ нал хастон. Фарæстæм къласы та цæй хъæбатырдзинад равдисдзынæ? Куыд радзырдта, афтæмæй Сталинградмæ стыр арæзтадмæ ацыд, Фæцис дзы афæдз. йæ куыст хорз цыдис æмæ йыл зындгонд лæджы ном дæр бадын байдыдта. йе ’намондæн йæ фыд фæрынчын æмæ лæппу сыздæхт сæхимæ. Фыды ма, мæгуыр, æгасæй бæргæ сæййæфта, фæлæ йæ цыппæрæм бон баныгæдтой. Цæй арф æвæрд у адæймаджы зæрдæ. Кæм æмбæхст уыдысты Зæлинæйæ Данелы хорз миниуджытæ. Уæззау рынчыны дон бахъæуа — уый йын хæссы, рынчын сывæллæттæм уый райхъал вæййы йæ фынæйæ, кæд сæхи байгом кодтой, зæгъгæ. Ехх, æвæдза, амондджын уыдзæн, чызджытæй кæй хай фæуа, уый, йæ цардцæрæнбонтæ амондджынæй арвитдзæн. Алтег та? Сраст кæнын куынæуал бакома. Уæлдайдæр фæстаг бонты йæхи тынг æвзæр равдыста. Иу изæр та палатæйы Данелимæ ныхасыл фесты, афтæмæй санитаркæ фехъусын кодта: — Зæлинæ, дæлæ иу цавæрдæр Алтеджы Данелмæ рынчынфæрсæг æрбацæуын фæнды! — Цы афон ма у ныр? —дзуапп радта Зæлинæ. — Кæд гæнæн ис, уæд æй æрбауадз. Æддейы абаддзыстæм, никæйы бахъыгдардзыстæм. Адæм кæртмæ уæлдæфмæ куы ацыдысты, — куырдта Данел. Сæргуыбырæй, æфсæрмыхуызæй æрбацыдис Алтег æмæ йæ фыццаг ныхас уыд: — Цæй, нæма мын ныббарстай, Данел? — Бадгæ скæн... — Нæ йæ зыдтон, кард æмбæхст æм ис, уый. — Æмæ дын уæвгæ та чи у? Цы кусы? 70
— Уыйас бæлвырд æй нæ зоньш. Афтæ æмбалджын лæппу у. — Кæсые, зонгæ дæр æй нæ кæиые, афтæмæй йæ нæ хъæумæ кады уазæгæн æрхуыдтай. Ницы загъта Алтег. Йæ дзыппæй систа, æнæхъæн хъæуы дæр зын ссарæн чи у, ахæм сырхварс, рæсутъд тæфгæнаг фæткъуытæ æмæ сæ тумбочкæйы цæвæрдта. Зæлинæ æмбæрста, дыууæ хæлары уый раз æргом дзурын кæй нæ бауæнддзысты, уый, æмæ рацыд. Сыхаг уатмæ йæм лæппуты ныхас хъуысти. — Цæй, куыдтæ дæ? Дыууæ боны дæм æрбацæуын мæ цæсгом нæ бахъæцыдис... Иууылдæр мæн зылын кæнынц... — Уымæн æмæ, æвæццæгæн, раст нæ дæ. — Йарæбын, кæд ма адæймагыл æууæнк ис, уæд нæ зыдтон, йæ дзыппы кард æмбæхст уыдис, уый. — Кард æмбæхст æм кæй ис, ды уый нæ зыдтай, мах та чи у, уый дæр нæ зыдтам, уазæджы æгъдау ын лæвæрдтам æмæ дзы нæхи нæ бахъахъхъæдтам. Йæ фæнд йæ къухы куы бафтыдаид, уæд афонмæ1 кæм уаин, уый зоныс? Афонмæ дзæнæты комбайнæй мæнæутæ кæрдин. Уым, дам, раздæр цæттæ кæнынц мæнæутæ. — Мæхи къухтæй йын йæ къубал стонин, куы йыл фæхæст уаин, уæд, — йæ дæндæгты хъые-хъыс райхъуыет Алтегæн. — Чи йыл фæхæст, уыдоны бар æй уадз. — Æмæ мæнæн дæр йемæ тæрхон кæндзысты? — лæгъстæгæнæгау бафарста Алтег. — Закъонтæм æркæсдзысты æмæ дзы кæд дæумæ дæр исты хауа, уæд дæ æнæхай нæ фæкæндзысты. — Æрмæст дæу ныхас уыдзæн хъуыддаг лыггæнæг. Ды мæнæй куы зæгьай, ницы аххосджын уыдис, зæгъгæ, уæд дзы ныхас нал уыдзæн. — Уый тæрхоны бон куы уа, уæд истытæ дзурдзыстæм, фæлæ мæн рагæй фæндыдис, хæлар хæларимæ куыд фæныхас кæны, афтæ демæ аныхас кæнын. Дæ царды уаг мæ зæрдæмæ нæ цæуы æмæ йæм куы æркæсиккам, уый мæ фæнды. — Цы дзы нæ цæуы дæ зæрдæмæ? 71
— Дæ цард æппæтæй дæр, — сабыр ныхас райдыдта Данел. — Гъеныр цæрыс æмæ цæмæй цæрыс? Цæмæй бахъæлдзæг вæййы дæ зæрдæ? Дæхицæн зæрдæ цæмæй бавæрыс? Адæм цы хъæздыгдзинæдтæ æмбырд кæнынц, (уыдоны æхсæн уæлибæхы карст дæ дзыхмæ куы схæссыс, уæд пæ ахъуыды ’кæныс, уый мæнæутауджыты, фосгæсы, куыройгæсы æмæ бирæ æндæр адæмы фæллой кæй у, ууыл? Æнцад, æнæдзургæйæ, бадтис Алтег. — Дæ разы дæ уæлæ дарæсы хуыздæртæ, æмæ сæ дæхæдæг бакуыстай? Иууылдæр дæ мæгуыр мады фæллæйттæ сты. Æмæ сæ уæд цы цæсгомæй скæныс дæ уæлæ? «Афтæ йын хъæуы, афтæ йын хъæуы», — дзырдта йæхинымæр сыхаг уаты Зæлинæ. — Цæй-ма, æрмæст мæн цы осардтай? — Нæ гыццылæй фæстæмæ хæлар рахастам æмæ дын уый фæдыл кæнын мæ ныхæстæ, хъыг дын куы уой, уæддæр. Хæлæрттæй райдыдтам нæ цард æмæ нæ фæндæгтæ фæфæйнæрдæмты сты. Искуы кæрæдзимæ карздæр куы сдзурæм, уымæй дæр тæрсын. Адæм фæцин кæнынц иумæ, кафынц, зарынц, ды та сын сæ бæрæгбон фехалыс расыгæй, схъаугъайаг æй кæныс. Æгуыстæй бон-изæрмæ арахъдзуан куыд зилыс, уый уынынц кæстæртæ æмæ уый цард халын нæу? Æркæс дæхимæ, Алтег, æмæ исты хорз хъуыддагыл ныллæуу— Цы мын кæнын кæныс, уæд та мын уый зæгъ? — Æмæ йæ нæма бамбæрстай? Исты куысты ныллæуу æмæ, цас фæразыс, уый бæрц пайда хæсс. — Гъеныр ,æй æмбаргæ кæныс, æз кæй ницы зонын, уый, æмæ ма мæ мæстæй цы марыс. Æз, дæуау, комбайнер, тракторист, шофыр, кæнæ æндæр исты акæнон мæхицæй, уый мæ бон нæу. — Дуртæ фæндагæй иуварсмæ аппарын дæр дæ бон нæу, фысты фæдыл цæуын дæр нæ зоныс? Комкоммæ дын æй зæгъын, дæ мады фæллæйттæй цæрыныл фæцахуыр дæ. Æмæ дæ уый, чи зоны, дардзæни, йæ цæст цалынмæ кæса, уæдмæ. Бон быдыры кусдзæн, æхсæв арахъхъы цъырттытæ уадздзæн æмæ дын уыдонæй дари хæдæттæ æлхæндзæн. Цæрпæ кæндзы72
нæ, фæлæ æгуыстæй цæрын цас æгад у, ууыл искуы ахъуыды кодтай? — Гъемæ мæныл худæнт иууылдæр, æндæр ма дзы исты ис. — Ехх, æгæр æгады бынатмæ æруагътай дæхи. — Цæмæй æгад дæн? — фæмæсты Алтег, фæлæ Данел раст кæй у, уый фæхъуыды <кодта, æмæ ма загъта: — Кæд мæ риу ордентæ æмæ геройы стъалытæй дзаг нæу, уæддæр никæмæй æгаддæр дæн. — Дæхи нырма кадджын дæр ницæмæй скодтай,— комкоммæ йæм бакаст Данел. — Мæ ныхæстæ æмгары ныхæстæ сты, æмæ сæ дæ зæрдæмæ æфхæрдæн куынæ айсис, уый мæ фæнды. — Уый фендзыстæ-м. Фæлæ дæ ныхæстыл æгæр ныддардтон. Æгайтма фервæзтæ, /æндæр куыдзыны, афтæмæй фыддæр бакæнынмæ хъавыдис. Куы сдзæбæх уай, уæд ма, кæд нæ хæлардзинад хъуыды кæнай, уæд-иу тæрхондоны зæгъ, æз аххосджын кæй нæ уыдтæн, уый. .Кæннод мын ссуд кæндзысты æмæ мæхи мæт нæ кæнын, фæлæ мæ мæгуыр сидзæргæс мад иунæгæй баззайдзæн... — Уый фендзыстæм, — йæхи ныхасы уагæй йын дзуапп радта Данел. — Бузныг, кæй мæ абæрæг кодтай, уый тыххæй. — Хæрзæхсæв уал у, — загъта Алтег, æмæ палатæйæ рацыд. Къæлидоры йæ размæ фæцис Зæлинæ, фæлæ чызджы диссаджы цæстытæ уарзæгой æрттывд нал фæкодтой. Цыма сæ маст сыгъдис, афтæ зындис. Ау, дохтыры урс халат æмæ йын цикъæ худ аивтаиккой йе ’нгас. — Цæй, Зæлинæ, куыд дæм фæкастысты Ботасты хъазты нæ хабæрттæ? — æфсæрмхуызæй бафарста Алтег. — Амæлæтæй фыддæр у, дæхи цы хуызæнæй равдыстай, уый. Фæлæ-иу дыккаг хатт ацафон мауал æрбацу рынчынфæрсæг. Алцæмæн дæр афон æмæ æгъдау ис, — загъта Зæлинæ, йæхæдæг Алтегмæ кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй ацыд уæззау рынчынты бæрæг кæнынмæ. 73
II. ЦАРД АРАЗГÆЙÆ У 1 Дзибус Дæгкайы бафарста, зæгъгæ, Валя пълантæ махæн иуы аразы, уæд нын нæ быдыртæ цæуылнæ фены? Быдыры мæт æй бæргæ нæ уыдис. Иæхæдæг академи каст куы фæцис, уæд колхозы зæххæн цы пълантæ скæнын хъæуы, уымæ нæ сарæхсдзæнис правлениимæ? Фæлæ йæ фæнды, Валя сæм куы æркæсид, уый. Цалдæр хатты йæ федта МТС-ы. Æмæ бамбæрста, нырма йæхицæй дæр басусæгкæнынмæ кæй хъавы, ахæм æнкъарæн æм кæй фæзынд — бауарзта Валяйы. Чызг йæ зæрдæмæ рагæй цæуы. Фæлæ а фæстаг рæстæг та лæппу удæнцой нал зоны. Кусгæ кæна, йæ фæллад уадза, уæддæр зæрдæйæ нæ хицæн кæны Валя. Бæргæ, уыйас лæгдзинад æм куы разынид, æмæ зæрдæ раргом кæн, фæлæ... Æмæ ныр фидарæй загъта йæхицæн: иумæ быдыртыл ’куы азиликкам, уæд, чи зоны, фæуид аныхас кæнæн. Цæмæндæр йæ хъуыдытæй йæхæдæг æфсæрмы дæр кодта, фæлæ та уæддæр иу бон Дæгкайæн загъта: — Уæ агрономы ма искуы быдырмæ ауадзут, кæд нын нæ зæххытæ фенид æмæ уæ пълантæ растдæр аразиккат. — Æмæ цы кæны. Цæут. Æз дæр уемæ ацæудзынæн. Дæгкайы ацыд бæргæ нæ хъуыдис Дзибусы. Иунæгæй куы азилид Валяимæ æмæ йын фадатджын ран йæ уарзондзинад куы раргом кæнид, уый йæ фæндыди, фæлæ цы гæнæн уыд, æмæ йæхи фæхъæлдзæгхуыз кодта: — Уый та ноджы хуыздæр, хъæлдзæгдæр нын уыдзæн... — Хъæлдзæгдæр! Гъы! Зонын, зонын, фæсивæдæн хъæлдзæгдæр кæд вæййы, уый, — цыма йын йæ къарæнтæ исты хуызы базыдта, афтæ дзырдта Дæгка æмæ бахудт. Цом, азилæм быдыртыл, кæд уæ афтæ фæнды, уæд. Марадз, зæгъ Валяйæн дæр æмæ йæхи арæвдз кæна, — дзырдта Дæгка. 74
Æхсызгон уыдис Валяйæн быдыртыл азилын æмæ, йæ иу цæст хин æнцъылд фæкæнгæйæ, Дæгкайы кабинетырдæм ацамыдта, ома, уый та цы зæгъдзæн. — Уый йæхæдæг дæр махимæ цæуы. Кабинеты бадын нæ уарзы. Æрмæст нын нæ зæххытæ æмæ нæ пълантæм дзæбæх æркæс, стæй нын хуыздæр пълан саразынæн феххуыс кæн. — Æмæ уыи куы ницы феххуыс уон, уæд та? — загъта Валя, йæ гæххæттытæ æфснайгæйæ. — Уæддæр дыл хъæстмæ ничи ратдзæн... Машинæ уадис над фæндагыл иу стыр хуырджын æрхы былты. Æрхæй зындысты алыхуызон хæмпæлтæ, задис дзы сындзытæ дæр. Егъау арынгау дардыл ныззылд, æвæццæгæн, раджы кæддæр Теркæн йе ’ппæт донуат, кæнæ йе ’стыр къабаз уыдис. Фæндагæн йæ галиуфарс айтыгъдысты бур-бурид мæнæутæ — сæ кæрдынмæ бирæ рæстæг нал ис. — Мæнæугæрдæн æрхæццæ... Данел та рынчын уæд! — тыхстхуызæй загъта Дзибус. — Нæ уыдзæн рынчын. Абон æй абæрæг кодтон æмæ дзæбæхдæр у. Хорз змæлы йæ къух. Иу къухæй дæр архайдзынæн, уæддæр мæ комбайн никæмæ ратдзынæн, зæгъгæ, зæгъы. Ацы ран ма чысыл бауромæм, — сдзырдта Валя, машинæйы рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ, æмæ йæ къух Дзибусы къухыл æрæвæрдта. Шофыр фæурæдта æмæ иууылдæр рахызтысты æрхы былмæ. — Уæрцц искуы федтай... ам’нæ цæмæн æрлæууын кодтай? — хъазгæйæ загъта Дзибус. Валя хуырджын лæнкауыл йæ цæст ахаста, цæуылдæр хъуыдыгæнгæйæ. — Кæсут-ма, æрдз адæймаджы пайдайæн цы сарæзта! — æрхмæ йæ къухæй ацамыдта. — Цымæ цас у йæ дæргъ, рагæй куы цæуæм йæ былтыл? — Æртæ километрмæ æввахс у мах нымадмæ гæогæ. — Йæ уæрх та? — Æмхуызон нæу, фæлæ дыууæфондзыссæдз метрæй нарæгдæр никуы у. — Гъеууыл хъуыды кæнын æз, студент ма куы 75
уыдтæн, уæдæй фæстæмæ, — загъта, йæхинымæры дзурæгау, Валя. — Æмæ уагæр цæуыл хъуыды кодтай? — йæ мидбылты бахудтис Дæгка. — Ацы хуырджын лæнкæн йæ кæрон бацауаз, уæд дзы диссаджы цад рауаид. Уæртæ ма кæсут, йæ былтæ кæрæдзимæ Æрджынарæджы хуызæн хæстæг бацыдысты, æмæ бирæ ауазинаг нæу. — Æмæ йæ ауазын цæмæн хъæуы? — бафарста Дзибус. — Куыд цæмæн? Дон æм рауадз, æмæ дзы цад рауайдзæн! Цад нæ, фæлæ æнæхъæн денджыз. Доны былтыл дар дæсгай мин хъазтæ, бабызтæ. Уыдон колхозæн бынтон лæвары хуызæн æфтиаг уаиккой. Маргъæн дон куы уа, уæд ма сыл цæйбæрц хардз хъæуы? — Фæлæуу, фæлæуу, — загъта хъуыды кæнгæйæ Дзибус. — Æцæг дæм диссаджы хъуыды куы фæзындис. Цом-ма лæнкæн йæ райдайæнмæ. Лæнчы сæрмæ схæццæ сты, æмæ йæм бирæ фæкастысты. Басгарын хъуыдис, Теркæй йæм дон дардæй уадзгæ у, æви нæ, æмæ кæуылты, уый дæр. Фæлæ арф æрхы машинæйæн ацæуæн нæ уыд. "*— Уæхæдæг æй бабæрæг кæнут, æз бафæлладтæн, — загъта Дæгка, æмæ йæхи æруагъта кæрдæгыл æхсынцъы бæласы бын. Дзæвгар ауайын бахъуыдис Дзибус æмæ Валяйы хуырджынтыл. Цыдысты æнæдзургæйæ. Æрæджиау лæппу сабыргай загъта: — Æгæр дард у Терк, зын рауадзæн уыдзæнис дон, ноджы зæхх дурджын у. — Цы йыл схардз кæнат, уый уын уайтагъддæр бафиддзæн. Йæ акъахын та зын нæу. Ныртæккæ цы машинæтæ сарæзтой, уыдон цы нæ айгæрддзысты, ахæм нæй, — дзырдта Валя. Цыма лæгъстæ кæны, йæ ныхас афтæ уыд. — Хæрдзтæ, хæрдзтæ, Валя. Æхца бирæ хъæуы æмæ нæ колхозмæ уыйбæрц куы нæ разына. Электростанцæ нæ аразын хъæуы... Ныртæккæ нæ ацы æрхмæ нæ равдæлдзæн... — Ацы мал уын тагъд райдайдзæн пайда хæссын. 76
— Дæ хъуыды раст у. Аразгæ йæ, æвæццæгæн, кæндзыстæм, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр. Ныхасгæнджытæ ныхъхъус сты, цыма цæуыл дзырдтаиккой, уый сын нал уыд, афтæ. Бирæ фæлæууыдысты, Терчы æрра уылæнтæм кæогæйæ. Стæй Дзибус’ уырæй иу къæцæл систа, донмæ йæ фехста, æмæ чысыл æфсæрмыхуызæй загъта: — Валя, иу ныхас дый зæгъин, куы нæ мæм фæхæрам уаис !æмæ м;æ æрра куы нæ фæхонис, уæд. — Æмæ дæм мæсты кæуыл суон, гъе та дæ æрра кæй тыххæй рахонон, уыцы ныхас цæмæн кæныс? — хъазгæйæ дзуапп радта чызг. — Уымæн æмæ йæ æнæ зæгъгæ мæ бон нæу. — Кæд ыл дæ бон нал цæуы, уæд дын уромын нал бакомдзæнис, æмæ йæ зæгъ, æндæр ма цы гæнæн ис,— хъазæн ныхас кодта Валя, афтæмæй комкоммæ каст Дзибусы цæсгоммæ. — Мæнæ ныртæккæ æрбалæууыдис мæ зæрдыл, иунæг кæй стæм, уый тыххæй, зæгъгæ, мæ ма бамбар. Уый у, рагæй кæуыл хъуыды кодтон æмæ мæхирдыгонау кæронмæ кæй алыг кодтон, уыцы ныхас. Чызг дисгæнгæ бакастис Дзибусмæ. — Æргом куы зæгъон, уæд нæ рацыд дæр уыдис, цæмæй дын хибарæй мæ ныхас зæгъон, æмæ дæ дзуапп райсон, уый тыххæй. Æмæ мæм байхъус æрмæст дыууæ ныхасмæ. — Цæй зын зæгъæн у дæ ныхас, æппын æм дæ ныфс куы нæ хæссыс,— загъта Валя, æмæ фефсæрмы, æмбарын райдыдта лæппуйы зæрдæйы уаг. — Валя, нæ дыууæ дæр ахæм кары стæм, æмæ адæймаджы йæ царды къай агурын куы бахъæуы. Мæнæй амондджындæр зæххыл нæ уаид, Валя, дæ ныхас мын куы нæ бахæлæг кæнис, уæд! — Лæппутæм чызджыты фæкъахын афтæ хорз цæмæн фæкæсы цымæ? — загъта зæхмæ кæсгæйæ Валя. — Къахгæ дæ куы нæ кæнын. Ахæм митæ чи кæны, уыцы лæппутæй никуы уыдтæн, æмæ дæ курын, дзуапп мын ратт. Куыд æргом дæ бафарстон, афтæ йæ зæгъ ды дæр. — Æрмæст ацы хатт нæ... — сдзырдта ма Валя, æмæ æрхырдæм араст. 77
— Цы кодтат? Цыма хыл фестут, уый каст куы кæнут кæрæдзимæ, — хъазгæйæ сæ бафарста Дæгка, йæ размæ уыцы зæрдæвæйлыд æмæ æнкъардæй куы бацыдысты, уæд. Дзуапп ын ничи радта. Валя æфсæрмы хуызæй ацыд машинæйы аууонмæ. — Валяйы хъуыды тынг хорз у. Терк дæрддзæф у, фæлæ лæнкмæ дон рауадзæн ис. Æрмæст фæстæдæр. Ныртæккæ колхозæн йæхи бон нæ бауыдзæн къанау къахын, — загъта Дзибус, æмæ æрбадтис Дæгкайы фарсмæ кæрдæгыл. — Бадгæ нал. Цæуын хъæуы. Хъуыддæгтæ нæ бирæ ис, — зæгъгæ, Дæгка сыстад... Изæрдалынгтæм фæзылдысты колхозы быдыртыл. Кæм цы тыд уыдис, æмæ ног аз зæххы хъæдмæ гæсгæ кæм цы байтауын хъæудзæн, ууыл баныхас кодтой. Фæлладæй æрыздæхтысты хъæумæ. Дæгка разы уыдис йæ балцæй, фæлæ а æрыгæттæ цыдæр æнкъард сты æмæ сæм фæрсæгау бакæсы, хъазæн ныхас фæлгъауы, фæлæ никуы æмæ ницы. Зæлинæйы хæдзары куы баййæфтой, уæд Валя фæхъæлдзæгдæр ис. Хибарæй йын тагъд-тагъд йæ хабæрттæ ракодта, æмæ йæ цæссыгтæ æруагъта. — Ды та кæддæриддæр дæхи иунæг æмæ æнамонд хуыдтай. Уый дын æмбал дæр æмæ амонд дæр, — дзырдта Зæлинæ Валяйæн. — Куы никуы хуыдтон мæхи иунæг. Мæнæ сымах— мæ бинонтæ, нана — мæ мад, Дæгка — мæ фыд, ды — мæ хо, уæд æппæтæй хæлардæр адæймаг Залхан та... Куы никуы уыдтæн æнамонд. Фæлæ ныр... — йæ цæсгом Зæлинæйы дæллагхъуыры амбæхста, æмæ кæуæг адæймагау базыр-зыр кодта. — Кæугæ та цæмæн кæныс, æдылы? — рæвдауæн ныхас кодта Зæлинæ. — Ахæм сахат цинæй хæрдмæ фæхауынц, ды та... — Нæ зонын... Ницы зонын æз... Æрмæст мæм кæуын цæуы, кæуын... цæуыл кæуын, уый мæхæдæг дæр нæ зонын... Цалдæр боны фæстæ хабар зыдтой бинонтæ се ’ппæт дæр. Уæлдай æхсызгондæр уыдис нана æмæ Залханæн. Иу изæр та чызджытæ хицæнæй бадтысты уаты 78
æмæ мынæг хъæлæсæй сæ «сусæг» ныхас кодтой. Æддейæ, тыргъæй, æрбайхъуыст нана æмæ Залханы ныхас. — Сылгоймагмæ хуыздæр цы амонд æрхауинаг у, уый Валямæ дæр æрхаудта, — загъта Залхан. — Валя, мæ уд йæ рынтæ ахæра, бæстæ æмæ доны аргъ у, æмæ йæ чи бацагуырдта, уый нæ фæрæдыд. Æз ныры чызджытæн се ’гъдæуттæн уыйбæрц дæсны нæ дæн, фæлæ æмбаргæ, æгъдауджын чызг у, ахуыр цы окодта, уый та ма уæлдай хуыздæр, — дзырдта нана. — Дзуапп ын нæма радта? — Ахсæв, дам, æрбарвитдзæнис, æви йæхæдæг æрбацæудзæни, ныры æгъдæуттæн æз цы зонын, æмæ йын хъуамæ дзуапп уа. — Уыдзæнис ын, уыдзæнис, Валяйы дзуапп. Иæ хæлæрттæ æмæ уарзон адæм иууылдæр йемæ сразы сты, — загъта Зæлинæ хистæр сылгоймæгты ныхæстæм хъусгæйæ, стæй рудзынгæй акасти, æмæ бахудт:— Баба Дзибусимæ æрбацæуы... Семæ колхозы парторг Хъазыбег æмæ ма цавæрдæр лæг æфсæддон дарæсы. — Мæ фыд у уый, — тарст хъæр фæкодта Валя, æмæ скатай. — Кæцæй фæцис? Цæмæн мын æнад кæны мæ амонды бон. — Цæй, æрра ма у, хæргæ дæ нæ акæндзæн, — сбустæ йыл кодта Зæлинæ. — Æмбæхсгæ дзы кодтон мæхи кæддæриддæр, фæлæ ныр къæппæджы бахаудтæн. Цæмæ æрцыдис? — Æнцад лæуу, æмæ æрра митæ ма кæн... — Æмæ нæ чызджытæ кæм сты, ам куы нæ зынынц, — æддейæ æрбайхъуысти Дæгкайы ныхас. — Ацы изæр уаты сæхи бааууон кодтой, нæ зонын, цы кусынц. — Цом-ма æмæ сæ фенæм, — йæ фыды ныхас базыдта Валя. Сывæллонау-иу куыд лыгъдис йæ фыдæй, афтæ нал бакодта чызг ацы хатт. Æнцад лæууыд рудзынджы раз æмæ дард кæдæмдæр каст. Гæбæти Зæлинæйыл бацин кæныны фæстæ баздæхт Валямæ, æмæ йын йæ къух райста. — Цæй, куыдтæ цæрыс, мæ тæргайгæнаг хъæбул, 79
ды та?—Æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакæнынмæ хъавыдис, фæлæ уый йæхи мæстыйæ фæиуварс кодта. — Мæн хъæбул чи рахона, ахæм мын ничи ис дунейыл. — Ис, мæ хъæбул, ис, æрмæст ма дæу тыххæй чи цæуы йæ къæхтыл, ахæм фыд. Валя йæ кæуын нал баурæдта. — Басабыр кæн дæхи, мæ хъæбул... Цæссыгтæ сидзæр бирæ фæкалы, фæлæ сын ныр кæрон скæн, — уыцы ныхæсты фæстæ Гæбæти æддæмæ иннæ лæгтæм рацыдис. Фæлæ цы æрцыд Валяйы зæрдæйыл? Тайгæ акодта? Æви бирæ бонты цы фыды фæлмæн ныхæстæм фенхъæлмæ каст, уыдон фехъуыста, афтæ æнæуарзон ын чи уыдис, уыцы Гæбæтийæ?.. Нæ, нæ! Цыфæнды лæгъз æвзагæй йæм сдзурæд, цыфæнды фæлмæн ныхæстæ йын зæгъæд, уæдлæр нæ аппардзæн йæ мады сæр æмæ Гæбæтийы йæ зæрдæмæ фыдау не ’рбахæстæг кæидзæн. — Дзæгъæлы мæсты кæныс дæ фыдмæ, — загъта Зæлинæ. Ницы сдзырдта Валя, æрмæст йæ сæр йе ’мбалы риуыл бауагъта, æмæ дыууæйæ дæр гом рудзынгæй лæгты ныхасмæ байхъуыстой. Дæгкайæн куы загъдæуыд, минæвæрттæ æрбацæудзысты, зæгъгæ, уæд Гæбæтимæ арвыста тагъд ма фæзын, зæгъгæ. Фæлæ йæ уæддæр хъазгæйæ бафарста: — Уæдæ нæм хæсты ныхмæ доклад кæнынмæ æрцыдтæ? — О. Кæд ма æрмæст доклад хъуаг стут, уæд. — Тынг хорз у уый, тынг хорз, — загъта Дæгка, æмæ иудзæвгар хъусæй фæлæууыдысты, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Фæлæ нæ кæй абæрæг кодтай, уый нын ныртæккæ уæлдай æхсызгондæр у. — Исты хабар ис? — Ис. Горæтмæ дæр дæм уымæн арвыстон... Мæнæ Дзалайы фырт Дзибус, мæнмæ гæсгæйæ, нæ фæсивæды бæгуыдæртæй у... — Цæрæд амондимæ, — загьта Гæбæти, кæйдæр лæппуйы кой йын цæмæн кæнынц, уый не’ мбаргæйæ. — Гъе, æм’æ, Гæбæти, Дзибус демæ бахæстæг кæ80
иын бауынаффæ кодта. — Уыцы ныхасмæ Дзибус йæ быпатæй сыстадис æмæ уырдыг слæууыд. — Фырт мыи нæй, зæгъгæ-иу, хъынцъым кодтай, æмæ дын уый та фырт. — Фæлæуу, дæ хорзæхæй, Дæгка, æвиппайды мæм æрбахатыдыстут уыцы хабаримæ, æмæ йыл ахъуыды кæнон. Валя хъусы лæгты ныхæстæм, æмæ йæм афтæ кæсын байдыдта, цыма йын æцæг фыд ис, уый тыххæй адæмы раз чи æрлæудзæн, ахæм зынаргъ адæймаг. Фæлæ йæ искуы бауарздзæн, ныййарæджы куыд фæуарзынц, афтæ? Никуы. Зæрдæйæ цы таг аскъуына, уымæн баныхасæн нал вæййы. — Чызгæй дæм йæхицæй исты ныхас ис? — бафарста Гæбæти Дзибусы. — Чызг дæр цы хъуамæ зæгъа, йæ фыдæй йæм иыхас куы нæ уа, уæд, — фæцырд Хъазыбег, кæд Валяйы дзуапп зыдта, уæд дæр. — Уæдæ уын мæ чызджы дзуапп уыдзæн мæхи дзуапп дæр. — Æмæ мæнæ нæ тæккæ раз ис. Бафæрс æй, кæнæ та йæ искæмæн бафæрсын кæн. Дæхæдæг уыныс рæстæг æмæ фадæттæ, фæстиатгæнæп нын нæй. Гæбæти йæ бынатæй сыстад, фæдзырдта Зæлинæмæ, иуварс æй акодта æмæ йын загъта, иннæтæ йæ куыд нæ хъуыстаиккой, афтæ. — Зæлинæ, мæ хæдзар, дæлæ мæ уыцы адæм нал уадзынц... Æвæццæгæн, Дзалаты лæппуйы зæрдæмæ фæцыд нæ чызг... Æмæ ма йæ бафæрс, цымæ цы цæстæй кæсы уыцы хъуыддагмæ йæхæдæг та. Амæй размæ дæр ма йæ кæд фехъуыста, уæд ыл ахъуыды кодтаид. — Мæ хæдзарыл, æна! Афтæ тагъд дзы агурынц дзуапп! — йæхи дисгæнæг акодта Зæлинæ. — Цы зонын... Фæлæ гæды митæ уæлдай сты. Цу æмæ Валяйы афæрс. Нæ уазджытæн исты дзуапп раттын хъæуы. — Æмæ мæ дæу фæндоиæй куы фæрса, уæд та? Цы-иу эæгъон? — Хъæлдзæг уыд Зæлинæйы зæрдæ, æмæ йæ хъазын фæндыдис. — Йæхи фæндон цы уа, уый уыдзæн мæ фæндон б Адэем адæм сты 81
дæр. Фæлæ мæ -куы фæрса, уæд лæппу фыццаг фендæй мæ зæрдæмæ фæцыдис. Стæй дзы Дæгка æппæлы... Бафæрс æй, ахъуыды кæнын æй бауадз, æмæ мыл-иу дзуапп сæмбæлын кæн, — загъта ма Гæбæти, йæхæдæг лæгты размæ ацыд. — Охх, цæй амондджын дæ, Валя! — арф ныуулæфыд Зæлинæ, æмæ йæ хæлары йæ хъæбысы æрбакодта. — Хæлæг мæм кæныс? — афарста йæ Валя æмæ йæм бакаст. — Хæлæг нæ, фæлæ цин кæнын, дæумæ ахæм амонд кæй æрхаудта, уый тыххæй. Ныртæккæ дæ дзуапп зæгъдзынæн Гæбæтийæн æмæ... Куыд ын зæгъдзынæн, уый зоныс? Раттут мæ тагъддæр, æнæ Дзибусæй иунæг минут дæр цæрын нал фæразын. — Айс дæхи! — Сымах «о» зæгъиккат, нæ зæгъиккат, уæддæр уый ницыуал адавид. Æз æм мæхæдæг æхсæвыгон дæр алидзин... — Цæй-ма æрра ныхæстæ-иу ма кæн! — Уæдæ ма-иу хъус, кæддæра йын æз цы зæгъин ныртæккæ, — æддæмæ рараст Зæлинæ. Æцæг ахæм ыыхæстæ куы зæгъа, уымæй тæрсгæйæ ма йæ Валя ацахсынмæ хъавыдис, фæлæ уый дуары æдде фæцис. Чысыл фæстæдæр Зæлинæ Гæбæтийæн дзырдта, йæ худæг тыххæй уромгæйæ: — Мæн, дам, цæмæн фæрсынц, афтæ зæгъы Валя. Фыд мын ис æмæ уый цыдæриддæр зæгъа, ууыл дыккаг нæ зæгъдзынæн, доны мæ куы æппара, уæддæр. — Афтæ зæгъы!? — фырцинæй сонт хъæр фæкодта Гæбæти. — Мæ чызг у уый, мæхи хъæбул, æмæ уымæн мæ зæрдæ æвзæр никуы зæгъдзæн. Хабар нанайы хъустыл куы æрцыд, уæд Дзибусмæ адзырдта: — Дзибус, мæ бон, уæртæ скъæты иу бурхъус фыс ис, уый иннæтæй нарддæр у, æмæ йæ уæхæдæг ахъуыддаг кæнут, — стæй мидбылты бахудтис æмæ ма загъта: — Ныр сиахс дæ æмæ уæд та сыхæгтæм сасиргур ауай. 82
— Нæ, нана, Буцинæйы хæдзары ахсæвмæ æппæт дæр цæттæ у, æмæ мачи бацæуæд йæ зæрдæхудты, — ныллæууыдис Хъазыбег. — Цæй, нана, тыхгæнæг сты æмæ сæ сæхи бар бауадзæм. Фæлæ Валя чындзы нæхи хæдзарæй цæудзæн æмæ сын уæд мах дæр нæ ныхас зæгъдзыстæм,— загъта Дæгка æмæ иууылдæр Дзибусы хæдзармæ ацыдысты. — Чызгæй, лæппуйæ, ногæй, зæрондæй мæ чидæриддæр уарзы, уыдон ацы изæр мæ хæдзары куыд уой, афтæ. Мæныл абон стыр хорздзинад æрцыд æмæ мыл хъуамæ бацин кæной, — фæдзæхста Буцинæ нæ хонджытæн, æмæ хъæуы адæм уыйбæрцæй æрæмбырд сты æмæ кæрты дæр нал цыдысты. Ус афтæ сцин ис, æмæ сфæнд кодта фидыды номыл дзæбæх куывд саразын, хонджытæ дæр уымæн арвыста. Буцинæйæн цыма хæрз æрыгонæй сурс йæ сæр, афтæ зыны, йæ цæсгоммæ æмæ йын йе ’змæлдтытæм куы кæсай, уæд. Дзæгтæ сырхцъар цæсгом æмæ сæрæн кастгæнаг цæстытæ зæронд усы йæ карæй бирæ æрыгондæр хуызæй æвдисынц. Иæхæдæг ницæмæ æвналы ацамонынæй дарддæр, фæлæ рæвдз зилы, бæрæг кæны, хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый. Лæгтæ кæрты стъолтæ æртæ рæнхъы авæрдтой, клеенкæтæй сæ амбæрзтой æмæ фынгтæ ацæттæ сты. Къæлæтджын бандæттæ æппæтæн кæм сфаг уыдаиккой, æмæ кæстæртæ фæйнæджытыл дæр абадæнт, æндæр цы гæнæн ис, зæгъпæ, алыг хъуыддаг. Сарайы дæллаг кæрон агты пæлхъ-пæлхъ кæнынц дзидзатæ. Иу сивыр байдзаг æдуæхст физонджытæй, уæддæр ма æртæ лæппуйы уыцы хъазуатæй сæ куыст кæнынц, æмæ хæрзфых дзидзайы адджын тæф, æвæццæгæн, сыхаг хæдзæрттыл дæр ма ныххæлиу. Сарайæн йæ фаллаг фарс стыр арт æмæ сæрдыгон пецы алыварс архайынц, Буцинæ фæкæсынмæ кæй æрбакодта, уыцы сылгоймæгтæ. Ехх, æвæдза, цæй æнæзивæг у ирон сылгоймаг, циндзинады рæстæг æфсины уæззау куыст йæхимæ райсынмæ æмæ йæм куыд дæсны у! Царвы ленкгæнгæ дзаджджын уæлибæхæй, карчы лывзæйæ, суанг 83
сойджын фыдджыны онг, цы нæ рарвитдзысты уыцы сызгъæрин къухтæ фынгмæ! Буцинæ хорз хъазты чызг уыдис, йæ хъæлдзæгдзинад ын нæ амардтой азтæ æмæ бирæ зындзинæдтæ дæр. Хъазты адæм уаты кæй нал цæуынц, уый хаты, æддæмæ сæ куы ракæнид, уый йæ фæнды. Кæм ис, цымæ, Данел? Уый рæвдз у ахæм хъуыддæгтæм, æмæ куыд никуы зыны. О, хæдæгай, изæры йæ Зæлинæмæ хонæг куы арвыста. Цæуылнæ хъуамæ уа Зæлинæ сæ цины? Валяйæн ма йæ хæрз хо куы уаид, уæд, чи зоны, не ’рбацæуид. Æнцон хонæн нæ рауадис Зæлинæ, кæд йæ иунæг æфсон, Валя иунæгæй куыд баззайа, æнкъард куы кæна, зæгъгæ, уыдис, уæддæр. — Æмæ æниу Валя цæуылнæ цæуы, — дзырдта Данел. — Мах ирон æгъдæуттæ диссаг сты. Адæм Валя æмæ Дзибусы циныл цин кæнынц, уыдоны хъазты кафынц, сæхæдæг та хъуамæ искуы æмбæхстæй бадой. Нæ, уыцы æгъдауæн, æвæццæгæн, йæ цæрæнбон бирæ нал у. Фæлæ нын йæ искæды мæлæт абон нæ баххуыс кæндзæн, æмæ фæрæвдз у, Зæлинæ. — Ацу, ницæмæн хъæуысмæн, Залхан æмæ нанаимæ мын æнкъард нæ уыдзæн, — лæгъстæ йын кодта Валя дæр. — А-гъа, тыххæй мæ тæрыс? — йæхи кæнгæ мæстыхуыз акодта Зæлинæ. — Уæдæ дын æз дæ хъазты фыдæнæн тæссар-мæссар кæфтытæ куынæ скæнон, уæд ма-иу кæс. — Æниу гæды митæ кæныс, æндæр дæ куы уромин, уæддæр ныллæууис? Нæ дæ зонын, Алтеджы иу фендыл дуне куы баивдзынæ, — мæстæймарæн дзуапп ын радта Валя. Зæлинæ фенкъард æмæ йæ ныхасыл фæсмон кодта. Цыдæр зæгъинаг ма уыдис Валя, фæлæ уæдмæ Зæлинæитæ хъазтмæ ацыдысты. Буцинæ Данелы куы федта, уæд æм фæдзырдта æмæ йын загъта: — Гъеныр ма хъазтмæ фæкæс, дæуæй хуыздæр фæсивæдимæ ничи сарæхсдзæн. — Уый куыд у, гормæттæ, уæхи æнуды куы амардтат. Тагъд мæ фæдыл кæртаæ! — фæхъæр кодта Данел, хъазтмæ бацæугæйæ. Фæндыр йæхимæ райста, 84
чызджытæн фæндаг радта æмæ кæрты хъазт райдайынмæ куыд хъавыдис, афтæ уынджы æрлæууыдис машинæ. Рахызтысты дзы Хасмел, обкомы секретарь, Сандыр æмæ райæххæсткомы сæрдар. — Нæ хъазты фыццаг кафты бар Хасмелæн! Æмдзæгъд, фæсивæд! — фæцырд Данел, адæм уазджытæн æгасцуай куы загътой, уæд, æмæ лæдзæгæй зæххыл хахгæнæгау акодта. — Мах зæрæдтæ стæм æмæ нæ ныууадзут, фæсивæды акафын кæнут, — нæ куымдта Хасмел. — Гъы, кæсут-ма, уый дæр мын базæронд! Йæ урс хилтæй æппæлы, — нал фæлæууыд Ботас. Кафгæ, мæ хур, кафгæ, нырма дын кафыны азтæ бирæ ис. Чызджыты рæнхъæй рахызтис Зæлинæ. йæ къухтæ хæрдмæ систа кафын арæзтæй, æмæ, денджызы хъазау, ленкгæнгæ ацыдис. Йæ къухтæ бæрзонддæр систа Хасмел дæр æмæ сиргæ ацыд чызджы фæстæ... — Хорз адæм, фынгтæм саккаг кæнут, уæ хорзæхæй, — радзырдта чидæр. Ирон фынгыл адæмы æрбадын кæньгн æнцон хъуыддаг нæу. Ды уæлейы сбад, ды дæлейы сбад — ахæм ныхæстыл бирæ рæстæг ацæуы, кæд бадæнтæй уæлдай нæй, уæддæр. Æппынфæстаг, адæм æрбадтысты. Хистæрæн кæддæриддæрау бады Ботас, дыккаг хистæрæн — Дæгка. — Тæрсгæ ма кæн, Буцинæ, — бадзырдта Данел, — нæ циндзинадæн йе ’ппæт цехтæ дæр хорз кусын байдыдтой, — цалдæр сидты фæстæ Хасмел йæ бæзджын фæлмæн хъæлæсæй Бæтæйы фыртты зарæг куы ныккодта æмæ йын фæсивæд куы бахъырныдтой, уæд. Æвæццæгæн, хъæлдзæгдзинад мæйæ аразгæ дæр уыдис. Уый йæ цалхыдзагæй бæрзонд ссыдис æмæ рухс кодта бæстæ, адæмы зæрдæты уагъта циндзинад. Рухс нæ уыдис æрмæст Зæлинæйы зæрдæ. Йемæ симы Алтег, барæй йæ дæртты акæны æмæ йын дзуры: — Цæй-ма, исты бæлвырд дзуапп мын ратт, мæ зæрдæ куы басыгъдие! Ницы дзуапп дæтты Зæлинæ. Рагæй дзы куры, дæхицæн адæмы æхсæн аккаг бынат ссар, зæгъгæ. Уый йæм никуы байхъуыста æмæ та абон дæр банозта. Æмæ кæд йа цыстытæ æртхутæг æрттынд нæ кæ85
ныиц, уæддæр йæ тæф кæлы. «Фæуын хъæуы ацы æвидауц хъуыддаг æмæ лæппу йæхицæн æндæр ран агура бынат», — хъуыды кæны чызг. Уарзондзинадæй хъазгæ бæргæ нæ кодта Зæлинæ, æмæ йын ахсæв комкоммæ зæгъынмæ хъавыдис æппæт дæр. 2 Хъазыбегæн йæхи дæр рагæй фæнды Алтегимæ, уый йæ цард дарддæр куыд аразынмæ хъавы, ууыл аныхас кæнын. Фæлæ йыл куы хæст нæ кодта, куы та лæппу нозтджын вæййы. Иухатт рынчындонмæ Зæлинæмæ бацыд цæйдæр тыххæй æмæ сæм Алтеджы кой рауадис. — Цæуылнæ æркæсут уыцы лæппуйы цардмæ? Уе ’хсæн комкоммæ сæфгæ куы кæны, фервæзын æй кæнут, — дзырдта чызг. — Ехх, Зæлинæ, уый, æвæццæгæн, зын срастгæнæн у. Уыцы ныхас фæрæхуыста Зæлинæйы зæрдæ. — йемæ бирæ фæныхас кодтой æмæ никæмæ хъусы. Ныхас куы радта, уæд та йын минут йедтæмæ нæ хæссы. Бафæлвардзыстæм ма ноджыдæр йемæ баныхас кæнын, — загъта Хъазыбег Зæлинæйæн, æмæ уый тæккæ дыккаг райсом фембæлдис Алтегыл автобусы лæууæны. Æвæццæгæн, лæппуйы горæтмæ ауайын фæндыдис, фæлæ йæм æхца нæ уыд æмæ катай кодта. — Алтег! — фæдзырдта йæм Хъазыбег. — Æз мæнæ! — рог фæзылд Алтег. — Искæдæм тагъд кæныс? — Уæлæ мæ горæты иучысыл хъуыддаг ис æмæ уырдæм суайон. — Стæрхон кодтой де ’мбалæн, æнхъæлдæн, Данелы кæй ныццавта, уый тыххæй. Цас ын радтой? — Фондз азы, фæлæ цæй хæлар у уый мæнæн. — Данел дæ аирвæзын кодта, æндæр дзы дæумæ дæр иу-дыууæ æрхаудаид, æмæ дын, чи зоны, уый хуыздæр уыдаид. — Цæмæн? Æз та дзы цыгæнæг уыдтæн. — Цæй, тæрхон ахицæн æмæ йæ мах нал. аивдзы86
стæм, фæлæ мæ демæ иучысыл аныхас кæнын фæнды, кæд дын рæстæг ис, уæд. — Æз партион куы нæ дæн, уæд мемæ цæуыл хъуамæ ныхас кæнай? — Партийы дæу кары лæгтæ дæр бæргæ ис. — Æмæ дзы уаин, истæмæн мæ куы хъæуид, уæд. — Нæ дзы уаис, уымæн æмæ партимæ адæмæн сæ раззагдæрты исынц. — Æмæ æз кæд фæсте баззадтæн, уæд ма дæ мемæ цы ныхас ис? — Гъеуый тыххæй æз æмæ ды куы баыыхас кæниккам, лæгтæ куыд фæныхас кæнынц, афтæ, уый мæ фæнды. — Ома, агитаци æмæ пропагандæ, нæ? — хынджылæггæнæгау загъта Алтег. — О, афтæ дæр æй рахои. Адæймаг цынæ фембары, ууыл ныхас куы фæцæуы, уæд уый дæр агитаци у. Куыд уынын, афтæмæй горæтмæ нæ ацæудзыиæ, æмæ цом бауынаффæ кæнæм, дарддæр куыдтæ цæрдзыстæм æмæ цытæ кæндзыстæм, уый тыххæй. — Уæуу, ныууадз мæ, Хъазыбег, ныронг цы ныхæстæ фæкодтай, уыдонæй хуыздæр нал æрхъуыды кæндзынæ... Худинаг у адæмы æхсæп æнæ исты хъуыддагæй цæрын... Нуазгæ мауал кæн... Æз цал æмæ цал хатты фехъуыстон уыцы ныхæстæ, æмæ сæ сфæлмæцыдтæн. — Гъеуый æвзæрдæр у, кæй зæгъын æй хъæуы. Хъусгæ сæм фæкодтай, фæлæ сын сæ хъуыды бамбарыныл иу хатт дæр нæ бацархайдтай. Адæймаг та ныхаоæн йæ хъуыды куы нæ æмбара, -æрмæст дзы уæд фæлмæцы. Фæлæ ма сæм иу хатт байхъус. Цом, — зæгъгæ, йын йæ цонгыл ахæцыд. — Цæй, ницы рауайдзæн нæ ныхасæй. — Парткоммæ ма рацу, — бадзырдта Дзибусмæ Хъазыбег, сæрдары рудзынджы рæзты куы фæцæйцыдысты, уæд. — Æцæг, цы фехъуыстай, Алтег, мах размæ демæ чи ныхас кодта, уыдонæй, уымæй уæлдай дын ницыуал зæгъдзыстæм. Фæлæ дын цы дзурынц, уымæ иу хатт куы байхъусис, уæд хорз уаид. Не ’ппæты дæр дæ хорздзинад фæнды, бамбар æй. Æмæ уæд дарддæр ны87
хас кæндзыстæм. На уый нæй, уæд та мах ныхæстæ дæр дзæгъæлы фесæфдзысты, — дзурын райдыдта Хъазыбег. — йарæбынæллæх, хъусын уæм, æмæ уæ цæмæй бамбарон, ууыл бацархайдзынæн. — Дæуыл ныр фондз æмæ ссæдз азы цæуы, дæхицæн дæ бинонтæ бацагурын дæр хъæуы. Бауарзтай нæ чызджыты хуыздæр Зæлинæйы, йæхæдæг дæр дæ уарзы... Дисгæнгæ хъоппæг цæстытæй кастис Алтег Хъазыбегмæ. Цыдæр сдзурынмæ хъавыдис, фæлæ йæ уый йæ къухы фæтылдæй баурæдта. — Хъусгæ уал бакæн. Адæм адæм сты æмæ алцыдæр уынынц, хъусынц. Уыдонæй ницы басусæг кæндзынæ. Æмæ, зæгъæм, бакуымдта дын Зæлинæ, æрхастай йæ, фæлæ куыд цæрдзыстут иумæ! Цавæр бындур уыдзæнис уæ бинонты цардæн? — Алчидæр йæхицæн уынаффæ кæнæд, æз мæхицæн уынаффæ кæндзынæн. — Нæ кæндзынæ. Цард дын йæхæдæг суынаффæ кæндзæн. Æмæ куыд зыны, афтæмæй Зæлинæ дæ къай нæ уыдзæн. Фестъæлфыдис йæ мидбынаты Алтег. йæ зæрдыл æрбалæууыдис, Буцинæты симды йын Зæлинæ дзуапп кæй нæ радта, иунæг хатт дæр æм уарзоны каст кæй нæ уал бакодта, уый. Цæвиттон, нал æй уарзы. Фæлæ йæ Хъазыбег цæмæй базыдта? Цыма æнæхъæн дзыллæты æхсæн æгадæй аззад, афтæ фефсæрмы Алтег, æмæ дзурын нал фæрæзта. — Ау, уæларвæй æртæхгæ у, æви... — хъазæн ныхас кæнынмæ ма хъавыдис, фæлæ йын дзы ницы цыдис. — Зæлинæйы аккаг нæ дæ. Кæд дæ комкоммæ ныхас фæнды, уæд дын уый та комкоммæ ныхас, — дзырдта Хъазыбег. Дзибус æнцад бадтис уый ныхæстæм хъусгæйæ, æмæ мидбылты худтис. — Иу уæрдоны нæй сифтындзæн гæмхетт бæх æмæ рæууонг сагæн. Афтæ стут сымах дæр. Зæлинæ стыр царды, стыр хъуыддæгты адæймаг у. Ды та æнæ исты хъуыддаг дæ, нуазын йедтæмæ пицы зоныс. — Бинонты цард саразын алкæмæндæр йæхи 89
хъуыддаг у. Кæд дæм исты уынаффæ ис, уæд æй зæгъ, æмæ ууыл дзурдзыстæм. — Æз дæр ууыл куы дзурын. Мах, зæгъæм, партионтæ, колхозы сæрдар, бригадир нæхи хъуыддаг кæнæм, уымæн дæ ласæм куыстмæ, æмæ нæм нæ хъусыс. Афтæ дæр фæуæд. Фæлæ дæ Зæлинæ уарзы æви нæ? (Ницы дзуры Алтег). Зæгъ-ма, лæг лæгæн куыд фæзæгъы, афтæ. Ам ныхас чи ахæсса, ахæм нæй. Уарзы дæ Зæлинæ æви нæ? — Уарзы, æмæ уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? — Æмæ дын Зæлинæ дæр куы дзуры, дæ нозт ныууадз æмæ исты хъуыддаджы ныллæуу, зæгъгæ (уыцы хабар нæ зыдта, фæлæ йын ахæм ныхас Зæлинæ кæй загътаид, ууыл йæ зæрдæ дардта), уæд уымæ та цæуылнæ хъусыс? — Бахатыр кæн, Хъазыбег, — загъта æппынфæстаг Дзибус дæр. — Алтег, ды мæнæй бирæ кæстæр нæ дæ. Фæлæ нырма дæхи фæллойæ иу комдзаг нæма бахордтай, дæхи фæллойæ иу æндахы халæй дæ буар нæма бамбæрзтай, æмæ дæм уый раст кæсы? — Ды сæрдар дæ æмæ дæ фæллæйттæ хæрын, нæ? — Мæ фæллæйттæ нæ хæрыс, фæлæ дæ мæгуыр мадæн йæ фæстаг туджы æртах бацъырдтай. — Æгæр уæллоз ныхас кæныс?! — Уæллоз ныхас нæ кæнын, — дзуапп ын радта Дзибус,—фæлæ дæ мад, дæу даргæйæ, цæмæ æрцыдис, куыд ныззæронд, уымæ ма бакæс. Бон-изæрмæ быдыры кусы, æхсæв-бонмæ арахъхъ уадзы æмæ дæ афтæ мæгуыры бæттæй дары. Адæм ын тæригъæд кæнынц, æндæр афонмæ кæм уаид арахъхъ уæйгæнæггаг, уый дæхæдæг зоныс. — Хъæуы устыты хуыздæр, дæ мад Дофкайæ, фыдгæнæг кæй скодтай, ууыл дæр никуы ахъуыды кодтай, — загъта Хъазыбег дæр. — Ахæм бынаты сæвæрынмæ хъавыс Зæлинæйы дæр. Уый бирæ мызд исдзæн, ды хæрдзынæ æмæ нуаздзынæ, æмæ хъаны цард кæндзынæ. Уымæй дын иицы рауайдзæн. Зæлинæ цыфæнды уарзт куы кæна, уæддæр æм зонд æмæ хъару разындзæнис йæхи рæдыдæп бахъахъхъæнынмæ. 89
Ницы дзырдта Алтег, æрмæст пъолмæ каст. — Гъе, кæсыс, агитаци дæ нæ кæнæм, дæхи хъысмæтыл дын дзурæм. Раст æй нæ сарæзтай, æмæ ноджы фыддæр бынатмæ æрцæудзынæ, — загъта Хъазыбег. — Данел дæ хуыздæр æмбал у æмæ уый цæуылнæ бафæзмыс? Тыхст бынаты куы уыдис, йæ рынчын мады æмæ йæ йæ кæстæрты дарын куы хъуыдис, уæд ма уый тыххæй йæ ахуыр дæр куы ныууагъта. — Скъоламæ нал цыдис, фæлæ йæ ахуыр нæ ныууагъта, — йæ ныхас ын айста Хъазыбег, — дæхæдæг ын нæ; дзырдтай, скъолайы цы цыдыстут, уый? — къухæй ацамыдта Алтегмæ. — Æмæ иумæ нæ ахуыр кодтат уæ уроктæ? — Ды дæр дæхæдæг февнал, мах дын феххуыс кæндзыстæм, æмæ дæ къæхтыл слæуу. Ау, гормон, Зæлинæйы хуызæн чызджы тыххæй дæр дæхицæй лæг куыд нæ окæныс. — Суд мын кæнут, дыууæйæ мæ уе ’хсæн куы окодтат æмæ мæ иуырдæм дæр куынæуал уадзут, — йæхи фæмæсты кодта Алтег, фæлæ йæ хъæлæсы уагыл бæрæг уыдис, йæхицæн йæ рæдыдыл кæй басаст, уый. — Иууылдæр хъуыддаджы ныллæуу, хъуыддаджы ныллæуу, зæгъгæ, дзурут, фæлæ уæ иу дæр нæма загъта, мæнæ ацы хъуыддаджы сбæздзынæ æмæ йæ ’кæнын райдай, зæгъгæ. — Дæ хорзæхæй, нæ колхозы адæймаг цыхуызæн куыст не ’ссардзæн, ахæм нæй. Æмæ æркæс, кæм сарæхсдзынæ æмæ дæ зæрдæмæ кæцы цæуы, уый нын зæгъ æмæ дæ уым сæвæрдзыстæм. — Хорз, уæдæ-иу мæнмæ дæр фæкæсут, кæддæра кæмæй къаддæр бакусин. — Гъеуый лæджы ныхас у, гъе, — загьта Хъазыбег. 3 Мæнæугæрдæн. Æнтæф бонтæ скодта. Цыма мæнæуы алы хæтæл дæр сырх зынг у æмæ дыл алырдыгæй йæ цæхæр калы, афтæ зыны. Хъарм нæ, фæлæ тæвд у уæлдæф, хид суадæттæй уайы зæвæтты онг. Фæлæ 90
уый иæ уромы адæмы куыст. Тагъд кæнын хъæуы. Хуры тæвдмæ мæнæу хус кæны æмæ згъæлы. Зайгæ та тынг хорз æркодта. Æмæ дзы хъуамæ иунæг нæмыг дæр зæхмæ ма ахауа. Мæнæугæрдæн фæдис у, æмæ колхозонтæй искæмæ куыстмæ бадзурæг куынæ вæййы, уæд йæхæдæг, катайгæнгæйæ, фæфæрсы: — Мæн æххуыс дзы æппын никуы хъæуы? Скъоладзаутæ дæр ма куы рацæуынц æмæ æфсиртæ куы фембырд кæнынц, уæд. Алтег быдырмæ никуы рацыд æмæ никуы федта адæмы. Æмæ ныр куы сразы, уæд загъта, зæгъгæ, кæд лæг куыстæй у, уæд ма мын сæ зындæр бахæс кæнут, кæддæра кæмæй æвзæрдæр бакусин. Комбайны фæстæ чысыл æмбатъæтæй цы хъæмп задис, уый йæм машинæмæ æппарын фыццаг æнцон каст. Хъæмп быдыры иу минут дæр уадзæн нæй, уыциу цæфæй йæ мустæм ласын æмæ дзы рæгътæ амайын хъæуы, зæгъгæ, загъта Дзибус. Данел йæ комбайны уæлиау бады, кæттаг æмбæрзæны аууонæй кæсы размæ æмæ бур денджызы скъæры йæ нау. Комбайны разæй фæдфæдыл цæуæгау кæнынц сырх мæнæуæй дзаг машинæтæ. Мæнæу афтæ кæй æрзад, уымæй комбайнер разы у, кæд дзы йæ фæллой уыйбæрц нæй, уæддæр. Æхсызгон вæййы механизаторы зæрдæйæн, комбайны раэæй афтид машинæтæ куынæ фæцæуынц,! уæд. Бады йæ бæрзонд бадæны Данел, скъæры комбайн æмæ йæ хъуыдытæ æлвисы: «Ехх, æвæдза, хорз чызг у Зæлинæ, æмæ кæй хай фæуа, уымæй амондджындæр нæ уыдзæн. Данелы хуызæттæн, ай-гъай, нæ бакомдзæн... йæ цæф ын куы дзæбæх кодта, уæд æй хорз базыдта. Стыр ахуыргонд æмæ зондджын чызг у. Данел та? Цалдæр машинæйы ричагтæ ракъуыр-бакъуыр кæнынмæ арæхсы æмæ йын уый дæр æгъгъæд...» Нæ, æгъгъæд ын, æвæдза, нæу! Уæд уæгъд рæстæг чиныг йæ къухтæй фæцух уаид æмæ хъæууонхæдзарадон институты фæсаууон нæ ахуыр кæнид. Ахуыры æрмæг чысыл нæу. Бирæ чингуытæ бакæсып хъæуы. Раст зæгъгæйæ, фæсаууонмæ ахуыры хайады хицау ын афтæ загъта: зонæм дæ хорз кусæ91
гæй, алыхуызон машинæтимæ арæхсыс, æмæ дын экзаминты рæстæг хатыртæ дæр бакæндзыстæм, райсдзыстæм дæ механизацийы факультетмæ... Æмæ хатыртæ цæмæн? Цынæ зоныс, уый бахатыр кæной, нæ бахатыр кæной, уæддæр æй базонын хъæуы.... Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ комбайны тæккæ разæй агæпп кодта тæрхъус. Лидзгæ нæ акодта,— йæ дыууæ чысыл лæппыны фæтарстысты машинæйæ æмæ кæрдты размæ дыууæрдæм кæнынц, мæнæ-мæнæ сæ ацахсдзысты. Данел сæм фæкомкоммæ æмæ сын фæтарст. Фæсабырдæр кодта агрегаты цыд æмæ сæм дзуры, цыма йын йæ ныхас æмбарынц, уыйау: — Галиуырдæм, ард уæ бацыдис, уæ мадырдæм. Тæрхъусы лæппынтæ, цыма йын йæ ныхас бамбæрстой, уыйау мадырдæм тарстхуызæй алыгъдысты. Комбайнер йæ мидбылты бахудтис. «Мæгуыр мад, катайы сыл куыд бацыдис! Мад, æвæццæгæн, мад у, цыдæриддæр уа, уæддæр», — йæхинымæры ахъуыды кодта Данел. Алтег йæхицæн бацагуырдта уæззаудæр куыст, цæмæй адæмæн равдиса, иннæтæй æнæхъарудæр æмæ æгуыдзæгдæр кæй ницæмæй у, уый. Æгæр рог куыст æм фæкаст райдианы, — хъæдын сагой хъæмпы æмбатъæйы атъысс æмæ йæ сзыввытт кæн уæзласæн машинæйы гуыффæмæ. Уым лæууы хъæмпамайæг æмæ* йæ авæрдзæн куыд растдæр уа, афтæ. Фæлæ машинæтæ кæрæдзийы фæдыл цыдысты, мæнæу машинæмæ куыд цыдис, афтæ тагъд, хъæмпæппарджытæ та дыууæ йедтæмæ не ’сты. Æмæ йе ’мбал хъуыды дæр ницы кæны, хъæмп æппарын куыд райдыдта, — алы сагойы дзаг фехсгæйæ дæр-иу хъæрзæгау «гъæх», зæгъгæ, фæкодта, — афтæ иухуызон кусы, цыма дзы ницы риссы, æмæ нæ фæллайы, уыйау. Алтегæн та срысти йæ астæуыстæг æмæ рис куыд фæстæмæ тынгдæр кæны. Чысыл фæгуыбыр кæнгæйæ дæр æй йæ гуыбыны нуæрттæ схъæрзын кæнынц. Фыццаг йæ хид асæрф кæнынмæ хъавыд, — йæ дзыппы дыууæ сыгъдæг къухмæрзæны уыдис. Уыдонæн дæр уайтагъд къухы чысыл фелхъывдæй дæр сæ дон лæдæрсын байдыдта. Иу гæбаз нал уыдис уæлæйы дарæсæй, ныллæмаргæйæ йæ дон кæмæн не ’рсæх-сæх кодтаид, 92
ахæм. Æмæ уæд хиды пыууагъта йæхи бар, куыд дæ фæнды æмæ дæ кæуылты фæнды, ууылты лæсæнтæ кæн, зæгъгæ. Нæ, афтæ кусын нæ бафæраздзæн Алтег. Æмæ уæд цæмæн удхар кæна? Фæллойбонты тыххæй йæхи цæрдудæй мара? «Мæ гуыбын дзаг кæныны тыххæй мæ удæй арт куы цæгъдон, уæд ма мæ мæ цард цæмæн хъæуы», — хъуыдытæ кодта лæппу. Фæлæ абон цыфæндыйæ дæр бафæразын хъæуы, — ныхас радта, æмæ уыцы ныхасы хабар Зæлинæмæ дæр бахæццæ. Ныр æмбис куыстæй куы алидза, уæд йæ худинаджы кой æнусмæ баззайдзæн. Уæвгæ машинæмæ арæх нал æппары хъæмп. Хорз æмбал ын фæцис (куысты колхозонтæ хорз æмбæлттæ кæй вæййынц, уый нæ зыдта Алтег), нæ йæм мæсты кæны, рæвдз кæй нæ кусы, уый тыххæй. Нæ, фæлæ ма йын йæхæдæг зæрдæтæ дæр авæры: — Æвæлтæрд дæ, гормон, æмæ фыццаг бон дæхи ма фæриссын кæн, кæннод райсом кусынмæ рацæуынæн нал сбæздзынæ. Мах ахуыр стæм, фæлæ æвæлтæрдæй нуæрттæ тынг фæриссынц. Рисгæ! Алы фезмæлдæн дæр хъæдгæмтты хуызæн дудынц йæ нуæрттæ. Ноджы дзы æнæбайрайгæ счындæуа, ахæм куыст у æмæ буары нуæрттæй чи не ’змæлы, ахæм нæй. Нæ, изæрмæ кусын нæ бафæраздзæн, ахаудзæн... Данелæй мын æппæлынц. Социалистон Фæллойы Герой, дам, уыдзæн... Æмæ уымæн йæ куыст цæй куыст у? йæхицæн æнцад бады кæттаг æмбæрзæны аууоны, комбайн тæрын базыдта æмæ педалтæ алхъивы, ричагтæ иу ранæй иннæрдæм азилы æмæ фæци... Базыдта æнцондæр куыст равзарын. Гыццылæй фæстæмæ аздæхта йе ’ргом машинæтæм... Фæлæ дæхицæй машинæ сараз æмæ мæнæ ныртæккæ Алтег куыд кусы, афтæ кус, уымæн Данел дæр нæ бафæраздзæн. «Цæй, мæнæн мæ бон нал у кусын æмæ дæхæдæг иунæгæй истытæ архай», — сдзурынмæ хъавы йе ’мбалмæ, фæлæ йæхи фæуромы. Цы худинаг у, йæ бон цы нæу, ууыл басæттын. Алтеджы «фервæзын» кодта Сандыр. Секретарь мæнæу кæрдджытæм акæсыны тыххæй азылдис бы93
дыртыл, æмæ Данелы комбайн Ленины номыл колхозы куы федта, уæд æм йæ машинæ хæстæг батардта. Æрурæдта комбайн Данел дæр. — Ам цы -ми кæныс? — мæстыйæ афарста Сандыр. — Цы ми кæнын, уый сусæггаг куы нæ у, нæ йæ уыныс? — хъазæн дзуапп радта Данел. — Хынджылæг ма кæн, фæлæ ма мын зæгъ, ацы ран цæмæн дæ? — Ардæм мæ рарвыстой, стæй дын раст куы зæгъон, уæд мæхи дæр афтæ бафæндыд. — Дæхи бафæндыд, — мæстæй марæгау загъта Сандыр. — Æнхъæлдæн æмæ уæ кæй куыд фæнды, афтæ кæнын райдыдта. Фæлæ æз мæ зонæйы хынджылæг кæнын нæ бауадздзынæн. Гъæй ма кæн ныртæккæ, кæм куыстай, уырдæм, æмæ Цæрайы ардæм рарвит. — Уæд цæмæн? — дисгæнгæйæ бафарста Данел. — Уый дæ хъуыддаг нæу, куыд дын зæгъын, афтæ бакæн, — æмæ цыма Данелы фарстæн дзуапп лæвæрдта, афтæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Комбайнты хуыздæр Дзибусæн, æмæ афтæмæй, ай-гъай, разæй агæпп кæндзæн. Хæрз æрæгæй нырмæ МТС-ы хъарутæ иууылдæр Ленины колхозмæ сарæзта. Уый иу колхозы мæт кæны, æз та æнæхъæн районыл сагъæс кæнын. Цу дæхи колхозмæ. Гъы, фæрсгæ дæр нæ кæнынц, мæнæ нæм ахæм хъуыды ис æмæ цы бакæнæм, зæгъгæ. Цыма сын райком райком нал у... Цу, цу! — Мæнæ ма ацы уис кæронмæ ахæццæ кæнон æмæ цæуын, — загъта æвæндонхуызæй Данел. Сандыр йæ машинæйы сбадт æмæ ацыд. Æфсон ын фæцис æмæ фервæзтис «æвирхъау уæззау» куыстæй Алтег. Тыхтæ-амæлттæй ма цалдæр сагойы дзаджы сæппæрста машинæмæ, Данел ма хуымы кæронмæ кæй ракалдта, уыцы хъæмпæй, стæй раст. — Фæлæуу, ныртæккæ Цæрайы комбайн æрбацæудзæн æмæ иунæгæй куынæ сарæхсон, — дзырдта ма йæм йе ’мбал, фæлæ йæм Алтег кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй загъта: — Уыдон кæрæдзи не ’мбарынц, комбайнтæ раппар-баппар кæнынц, адæм та сын хынджылæггаг сты? Рацыд хъæумæ Алтег. Цыдис, саухъæды хуызæн, 94
дзыкъуыла калæг нартхæртты æхсæнты, цыдис, уыры дуртау, быдырты чи ыыххæлиу, уыцы харбызты, бур неситы, цъæх джитъриты æхсæнты. «Æвæдза, цы бирæ хъæздыгдзинæдтæ ис колхозы быдырты», — афтæ хъуыды кæнгæйæ, Алтег сыскъуыдта иу стыргомау харбыз æмæ йæ асаста. Фæллад æмæ дойны уыдис, æмæ йæм уæлдай адджындæр фæкастис харбыз. Æнцад хордта æмæ фæлгæсыдис йæ алыварс. 4 — Æз афтæ зæгъын, æмæ уыцы æххуыс мæн ницæмæн хъæуы. Хъуамæ афтæ мауал кæна Сандыр, — дзырдта Хасмелы кабинеты Дæгка. — Æмæ дæ ничи кусын кæны, цу, дæ фæндаг раст. Мыздыл дæ, миййаг, мæт кæнын куы нæ хъæуы, пенси стыр исыс, — мæсты дзуапп радта Сандыр. — Нæ, сывæллон нæ дæн, партийы дæр дæуæй къаддæр нæ дæн, æмæ мæхæдæг кæй равзæрстон, уыцы куыст нæ ныууадздзынæн, ды сæрхъæн митæ кæй кæныс, уый тыххæй. Сандыр йæ бынатæй фестад. — Кæд дæ районы хицау фæндыдис, уæд райкомы фыццаг секретары бынат бацагуырдтаис. — Районæн адæм сты хицау... Мæсты ныхас ма кæпут, сабырæй дæр бамбардзыстæм кæрæдзи, — загъта Хасмел æнцадгай, æмæ афтæ зындис, цыма хъаугъа уыйбæрц ницæйаг у æмæ йæм хъусын дæр нæ цæуы, стæй йæ цыма ныззæмбынмæ бирæ нал хъæуы. — Мæсты ма кæнут, фæлæ ма зæгъут, комбайнтæ кусынц æви нæ? — Æз куыддæр рацыдтæн, афтæ сæ фæстæмæ сæ фыццаг бынæтты æрæвæрдтой, æнæ райкомы фæрсгæйæ. — Уымæй райкомы фæрсын ницæмæн хъæуы, — загъта йæ мидбылты худгæйæ райкомы секретарь Аркадий Петрович,—МТС-ы директормæ уыйбæрцбартæ ис. — Æмæ ма дзы уæд мах, комкоммæ та мæхицæй зæгъын, куыд зоыæйы секретарæй, чи уыдзыстæм? — Мах кæсдзыстæм, МТС куыд кусы, уымæ, æв95
зардзыстæм ын йæ куысты сахъæттæ æмæ хорздзинæдтæ, æххуыс ыы кæндзыстæм. Разамонæг оргæн стæм æмæ нæ ном нæ уæлæ ис, — се’ппæты бæсты йын дзуапп радта Аркадий Петрович. — Уæдæ комбайнтæ сæ бар сты æмæ сæ куыд фæнды, афтæ раппар-баппар кæной, нæ? — Комбайнтæ кусгæ куынæ кæной, уæд сæ бафæрсын хъæуы, цæуылнæ кусынц, уымæй. Хорз куы кусой, уæд та сæ кæм æвæрой, уый сæхи бар у, — загъта Аркадий Петрович. — Гъеныр дæ цæмæн хъæуы, Сандыр, сæхæдæг кæй бакæндзысты, уыцы хъуыддæгтæ кæнын. Ахæм хъуыддæгтæм нæ цæст афтæ лæмбынæг куы дарæм, уæд нæ стырдæр хъуыддæгтæ ферох уыдзысты. — Цæй, нæ ныхас ууыл алыг кæнæм, — загъта Хасмел. — МТС-æн хицау ис æмæ уый йæхæдæг йæ хъуыддæгтæ лыг кæндзæн. Райкомы фаг дæр ма дзы уыдзæн куыстытæ. — Фæндараст загъта Дæгкайæн æмæ йæ фæдыл адзырдта: — Дæ хорзæхæй, рæвдздæр фæкæсут, мæнæутæй куыд ницы фесæфа, афтæ. Æз дæр уæм зындзынæн. Райкомы æртæ секретары сæхæдæг куы баззадысты, уæд Сандыр æфхæрдхуызæй сыстад, рудзынгмæ бацыд æмæ сабыргай загъта: — Уæдæ нал бæззы Сандыр зонæйы секретарæн дæр, нæ? Нал зоны, цы йæ кæнын хъæуы, уый? — мæстыйæ цæхгæр фæзылд Хасмел æмæ Аркадий Петровичмæ. — Æмæ йæ уæд афтæ алыг кæнут, æидæр мæ æгады бынаты цы æвæрут? — Дзæгъæлы мæсты кæныс Дæгкамæ, бынтон дзæгъæлы, — загъта Аркадий Петрович. — Райком йæ фарс фæцис, растыл æй банымадта, мæн та — зылыныл, æмæ уæдæй фæстæмæ хынджылæг кæны. Хасмел фæллад бадт кодта, нырма ныр æрбаздæхтис быдырæй, худтис йæ мидбылты, афтæмæй сæм хъуыста, стæй æрæджиау загъта: — Сандыр, бæллæх уый у æмæ лыстæг хъуыддæгтыл бæттыс дæхи, райкомы секретарæн та уый не ’мбæлы. — Куыд лыстæг хъуыддæгтыл? Зонут æй, Цæра 96
дыууæ гектарыл цалынмæ фæракæ-бакæ кæны, уæдмæ Данел æртæ гектары кæй ныккæрды, уый? Æмæ Ленины номыл колхоз æнæуи дæр тыхджын у, «Комгæроны» колхоз та тыххæй улæфы æмæ уымæн феххуыс кæнын хъæуы. — Сандыр, уый дын рæдыд хъуыды у. Раззаг колхозы рæзт куы фæсабырдæр кæнæм, цæмæй фæстæзадколхоз размæрацæуа, уый тыххæй, уæдтынг дард нæ ацæудзыстæм. Æвзæр галтау размæ-фæстæмæ кæндзыстæм. — Уæдæ йын куыд ис размæ ракæнæн? — Гъе, ууыл ахъуыды кæнæм, ссарæм ын йæ аххостæ, æмæ сæ аиуварс кæнæм. Æххуыс кæнын хъæуы раззаг колхозæн дæр, ноджы тагъддæр куыд рæза, афтæ. — Хорз, — загъта Сандыр, йæ ныхас фæсабырдæр кæнгæйæ, — уæдæ «Комгæроны» колхоз фæстейы цæмæн баззад? — Æз дын цалдæр хатты куы загътон, колхозы сæрдармæ дæ цæст дзæбæхдæр фæдар, зæгъгæ. Нуазын уарзы. Нозтмæ æмхиц чи уа, уымæн та йæ бон хорз кусын нæу. Æз абон уыдтæн сæ быдырты æмæ йæ ныр æртьгккаг бон уынгæ дæр ничи фæкодта. Хъæуы дæр 1æй не ’ссардтон. Ноджыма уын иу хабар ракæнинаг дæн... Мæнæу кæм кæрдынц, уырдæм куы æрхæццæ дæн, уæд фæндагмæ кæсын, æмæ дзы Æрфæныфæдау адаргъ ис бур уадздзаг — мæнæу фæкалдис машинæтæй. Элеватормæ хæстæг ныййæфтам иу машинæйы. Цæмæн фæкалдтай мæнæу, зæгъгæ, фæрсын шофыры. Лæппу ныфсæрмы æмæ афтæ зæгъы: — Куы рацыдтæн, уæд нæ калдис... Фондзыссæдз хатты сын загътон, гуыффæ зыхъхъыртæ у æмæ дзы брезент сæвæрын хъæуы, фæлæ мæм ничи хъусы. — Гъе, уыцы хъуыддæгтæм нæ здахын хъæуы нæ цæстæнгас, — Сандырмæ бакаст Хасмел. — Сæрдар расыг кæны, колхозы та дисциплинæ фехæлд, адæм кæрæдзи нал æмбарынц, æмæ куыст размæ нæ цæуы. Уый у йæ аххостæй иу, æндæр сын хуыздæр комбайн радтай, æви æвзæрдæр, уымæй сын бирæ нæ баххуыс кæндзынæ. 7 Адæм адæм сты 97
Куыдфæстæмæ Сандыр ницыуал дзырдта æмæ бæрæг уыд, цы ныхæстæ фæкодта, уыдон дзы йæ фыртæвдæй кæй схаудысты, уый. 5 Валя цы хус ададжы кой скодта, уый æнцой нал уагъта Дзибусы. Æвæдза, къахын /æй бахъуыд, зæгъгæ, уæд... Ам та сын æй кæддæр æрдз йæхæдæг сарæзта. Быдыры уæвгæйæ йыл, кæддæриддæр йæ цæст ахæссы. Анымæдтытæ кæны, цал фæллойбоны йыл схардз кæнын бахъæудзæн, уый. Бæлвырд у, фыццаг æм куыд фæкаст, афтæ зынаргъ нæ рауайдзæн малы ауæзт. Цы пайдамæ йæм æнхъæлмæ кастысты, ууыл та ма, чи зоны, иу ахæм бафта. Дон кæройнаг ауæзтæй куы ахиза, уæд æй ауадздзысты сæ хуымтæм æмæ дзы æрзайдзæнис диссаджы партхор. Сæ къухы иу-дыууæ экскаваторы куы бафта, иннæ машинæтæй сæм МТС куы фæкæса, æмæ фаг адæм куы ссарой, уæд тагъд арæзт фæуыдзæн мал. Фæлæ ма ахъуыды кæнын хъæуы, кæд ын исты æнцондæр хуызы саразæн ис... Иу æхсæв нанатæм куы сæмбæлд æмæ Валяимæ хицæнæй куы баззадысты, уæд дæр, ахæм ран цы ныхæстæ фембæлы, уыдоны бæсты загъта: — Валя, уыцы ададжы тыххæй дæм ахæм хорз хъуыды фыццаг хатт иу бон не ’рцыдаид? — Студентæй практикæйы куы уыдтæн, уæд мæм фæзынд уыцы хъуыды, фæлæ йæ никуы никæмæн загътон, рог ныхас мын куы рауайа, зæгъгæ, тарстæн. Зæлинæ йæ хъæлæсыдзаг ныххудтис. Дзибус фæтарст, кæд йæ ныхæстæй исты æнæрхъуыдыйæ æвзæр рауадис, зæгъгæ. — Правленийы æмбырд уæм ис, æнхъæлдæн. Уый цавæр ныхæстыл ахæцыдыстут... Мæнæ йæ уæхимæ ахæсдзынæ (Валя сусæгæй фелхыскъ кодта Зæлинæйы зæнг), æмæ-иу æнæхъæн æхсæвты уыцы ададжы кой кæнут. Аив нæ уыдис, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзибусæп, Валяйæн уарзондзинады ныхæсты бæсты колхозы хабæрттæ кæнын, фæлæ ма цы гæнæн уыд... 98
Хъазыбегæи фыццаг хатт куы загъта ададжы тыххæй, уæд уый уайтагъд йæ фарс фæцис. Парторг хорз хъуыддаг ацахсынмæ рæвдз уыдис æмæ загъта: — Хъуыдытæ æмæ йæм кæсынтæ нал хъæуы, цырд февналæм æмæ дон рауадзæм. Уый нын нæ хуыздæр зæххытæй къаддæр пайда нæ ратдзæн... Хуыцауы тыхкæй, уыцы хъуыды кæмæ æрцыд? Дзибус мидбылты æфсæрмы худт бакодта, æмæ æрмæст афтæ загъта: — Ис ахæм хъуыды, кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд. — Кæсын æм нал хъæуы, уæдæ. Хъуыддаг правленийы алыг кæнæм æмæ йæм аразынмæ бавналæм. — Афтæ тагъд æм бавыалæн нæй. Фæдзурын хъæуы, хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм инженертæм. Хъуамæ басгарой, базоной æппæт дæр æмæ правлеиийæн радзурой, йæ хæрдзтæ дæр æмæ йæ пайда дæр цы уыдзысты, уый... Æркодтой инженертæ. Уыдон сæ куыст фесты æмæ цæттæ сты хабæрттæ радзурынмæ, фæлæ уал Дзибус ныридæгæн базыдта, дон кæуылты уадзын хъæуы, уый зын къахæн кæй нæу, — йæ фылдæр хуыр æмæ лыстæг дур у, стæм хатт дзы фæзынынц ставд дуртæ. Уыдон дæр халын нæ хъæуы, хуымæтæг машинæты æххуысæй сын иуварс айсæн ис. Ноджы Теркæй дон ахæм ран рауадзæн ис, æтæ уыйфæстæ цыфæнды ивылд уа, цыфæнды æрра митæ кæна, уæддæр ауæзтытæн йæ бон никуы ницы бауыдзæнис. 6 Быцæутæ рауади Дæгка æмæ Гæбæтимæ, Валяйы чындзы кæцæй арвитой, ууыл. Дæгка афтæ дзырдта, зæгъгæ, чызгæн йæ ныхæстæй, стæй хæдзары йæхи куыд дары, уымæй дæр бæрæг у, нанайы хæдзар йæхи хæдзарыл кæй нымайы, уый æмæ зæронды къухтæй æрвитгæ у. Æниу æй дæ дзæгъæл фатермæ кæмæ кæныс? йæ мадмæ? Иæ хотæм? Æви йе ’фсымæртæм? — Нæ, нæ! Уый тыххæй мæм мачи дзурæд, — загъта тыхстæй Гæбæти. — Сидзæрæй цы фæцардис, уый йын æгъгъæд уæд. Фæлæ йæ цæрæн хæдзармæ, хъуа99
мæ йæ фыд кæм цæры, уыцы къуымæй ацæуа. Нанайы дæр, Залханы дæр, се ’ппæты дæр горæтмæ акæндзыстæм. — Валяйæн йæхи та куыд фæнды? — бафарста Дæгка. Гæбæтийы тас бацыдис. Валя æфсæрмы хуызæй сæ разы лæууыдис, æмæ йын йæ дзуапмæ ризгæ зæрдæимæ æнхъæлмæ кастис. Чызджы зонд раив-баивгæнаг у æмæ куы ныллæууа, кæм цæрын, æз уырдыгæй цæуын моймæ, зæгъгæ, уæд ныппырх уыдзæн, Гæбæти ма царды цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыцы амонд. Фæлæ Валя загъта: — Куыд уæ фæнды, афтæ кæнут, мæнæн уæлдай нæу. Нана мæ мæхи мадау рæвдауы... Фæлæ мын фыд ис æмæ нæхи хæдзарæй ацæуын аивдæр уыдзæнис, — йæхæдæг йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта æмæ алыгъд... Гæбæти йæ удыл дæр æмæ йæ мулкыл дæр нал бацауæрста, йæ чызджы амондджынæй чындзы арвитыны тыххæй. Дæгкайæ йæ фондз боны раздæр ракуырдта æмæ йæ горæтмæ аласта. Куыд ныррухс ис Гæбæтийы фатер, йæ иунæг чызг æм куы бахызтис, уæд! Кьултæ дæр ма бахудтысты. Æмæ къулыл цы рихиджын, хæмпæлæрфыг лæджы ныв уыдис (бирæ уарзы Лев Толстойы хæдзары хицау), уый дæр цыма барæй йæхи смæстыхуыз кодта, æндæр йæ мидбылты худы, афтæ зындис. Гæбæти Валяйы бабар кодта йæ сыхаг ус Расинкайæн. Уымæй хуыздæр, æвæццæгæн, горæты хуиджыты ничи зоны. — Бафыдæбон кæн, Расинка, мæн тыххæй æмæ мын мæ чызджы дзаумахъуаг ма ныууадз. Ма бацауæрд дæхиуыл, хуыцауæй курæгау дæ курын. —■ Валяйы уæнгтыл рæсугъд куыд сбадой, афтæ хуин чи нæ зоны, уыдон дæр сарæхсын кæндзыстæм, — раппæлыдис йæхицæй Расинка, — горæты хуыздæр модисткæты сæ къахфындзтыл слæууын кæндзыстæм... Шифанер кæрæй-кæронмæ куы бацдзаг алыхуызон дзæбæх дзаумæттæй, уæд сæ иу изæр йæхиуыл фæуыдта Валя. Алы къаба æмæ костюм дæр æй ног хуызы рæсугъдæй æвдыстой. Даргъ изæрдарæн сау къа100
ба йæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд. Цыма гыццыл, къулбадæг чызг у, афтæ фæкаст йæхимæ дидинджытæй нывæфтыд цыбыр къабайы, æмæ сидзæр, рæвдыдхъуаг чызгæн уый дæр æхсызгон уыд. йæ къабатæ куы федта æмæ сæ фæстæмæ шифанеры куы сауыгъта, уæд куыддæр уазал худт бакодта йæ мидбылты æмæ загъта йæхинымæры: «Цæй мæгуыр дæ, сылгоймаг, амондæн æндæр кæй ницы хъæуы. Цæй бирæ сæм фæбæллыдтæн ме ’студенты бонты... æмæ ныр...» Æхсызгон ын уыд, ныр ын кæй ис, кæмæ фæбæллыд, уыцы къабатæ, уый. Фæлæ нæ, къабатæй нæ рухс кодта йæ зæрдæ, чызджы зæрдæ рухс кодта стыр амондæй. Æддейы дуары хъæр фæцыд æмæ Гæбæтийы ныхас æрбайхъуст: — Мæ чызг, Валя! Æнкъард нæ кæныс иунæгæй?.. Валя цалынмæ йæ хæдзары уыдис, уæдмæ æппындæр нозты хъæстæ нæ фæци Гæбæти. Фæлæ та дзы ацы изæр чысыл бахъæлдзæг. — Валя, мæ иунæг чызг, æмæ мæ иунæг амонд, æз чысыл анызтон æмæ мын уый хатыр фæуæд, фæлæ ма мæнæ ацы сахат дæ къухыл фен, — Гæбæти йæ риуы дзыппæй систа æхсæзтигъон сызгъæрин сахат æмæ йын æй йæхæдæг йæ цонгыл кæнын байдыдта. — Дæу аккаг дзаума у уый... Цы номæй рахуыдтаид Валя йæ фыды, уый нæ зыдта. Папæ йæм сдзурид æмæ уыцы дзырдыл ахуыр нæу, мæнг кæнгæ дзырд куы рауайа, цыма йын цы хæрзтæ кæны, уыдон æй сдзурын кодтой, афтæ куы фæзына. Гæбæти йæм куы сдзура, уæд уый та куыддæр фидаугæ не ’скæндзæн. Валяйы зæрдæ та æмбарын байдыдта фыды уарзондзинад. — Папæ, — сирвæзт чызгæй, — æгæр бирæ хæрдзтæ кæныс, дæхи дæр ма цæрын хъæудзæн. — Тæрсгæ ма кæн, мæ чызг, кæдæй-уæдæй мын цæрыны рад æрцыд дæ фæрцы... Æрхæццæ чызгæрвитæн бон. Уый размæ бон ацыдис Гæбæти æмæ æрласта нана, Зæлинæ æмæ Залханы. Хæдзары алцы сцæттæ кодтой хæлæрттæ æмæ хæстæджытæ, суанг куоæрттаг æмæ’ нозтæй, агуывзæты онг. 101
Фæлæ нанаитæ Валяйæн йæ разы куы уой, уæд ын æнцондæр1 уыдзæн. Машинæ куыддæр горæтмæ ацыдис, афтæ æнæнхъæлæджы фæзындысты инженертæ дæр Дзибусмæ. Цины хабæрттæ йын ракодтой, фæлæ сæ уый кæмæн адзура, уый нæй, нæй Валя. — Буцинæмæ уæхи истæмæйты хорз фенут, фæлæ уын хъæуæй ацæуæн нæй, нæ чындзæхсæвы хъуамæ уат, — бафæдзæхста уазджытæн, йæхæдæг правленийы кæрты лæууыдис æмæ цы кодтаид, уый нæ зыдта. Цæуын хъæуы кæнæ Дæгкамæ, кæнæ Хъазыбегмæ, зæгъгæ, — загъта йæхицæн. Хъуамæ сын радзура, сгарджыты куыст рæстмæ кæй фæцис, уый. Фæлæ уалынмæ «Победæ» уынгæй æрбатылдис æмæ йæ разы æрлæууыдис. Раззаг дуар байгом æмæ дзы Дæгка радзырдта: — Æрбахиз машинæмæ! — Кæдæм цæуæм? — Горæтмæ. Фенæм, райсоммæ Гæбæти куыд рæвдз у, уый. — Æмæ мæн та кæдæм кæнут? — Цæй, цæй, æрбахиз, — райхъуыст æм Хъазыбеджы ныхас, — мæлæты æфсæрмыгæнаг... * * — Æ, мæнæ æдзæсгом, мæ хæдзармæ æгъдæутты сæрты куыд æрбахызтæ? — мидбыл худгæйæ схъæртæ кодта Дзибусыл Гæбæти, уазджытæ уатмæ куы бахызтысты, уæд. Уыйфæстæ йын йæ къух райста æмæ рæвдауæн ныхасæй загъта: — Рацу, рацу, мæ хур, æз хынджылæг кæнын... Иу бинонты хуызæн зæрдиаг ныхасыл ахæцыдысты. — Махмæ дæр ма рауадзут, махмæ, ацы газ æмæ исты цард феной нанаитæ дæр, — афтæ дзургæйæ дзаджджын уæлибæхты тæбæгъимæ æрбацыдис уатмæ Зæлинæ æмæ йæ хуын æрæвæрдта стъолыл. — Акувут Валяйы амондыл, фæйпæ апуазут. Хъарм бадт æмæ хъарм ныхæстæ рæстæг куыд цы102
быр кодтой, уый фиппайгæ дæр ничи кодта. Гæбæтийæн нозт йæ сæры чысыл бацыд, кæд æппындæр нуазинаг нæ уыд, уæддæр. Цæй амондджын уыдис Валя уыцы æхсæв! Цæвиттон, рагæй уарзта Гæбæти йæ иунæг чызджы, хъæбулы куыд фæуарзынц, афтæ. Цæвиттон, Гæбæти уый йæ зæрдæйы хъармдæр’ бынаты дардта. Папæ, зæгъгæ, уыцы диссаджы адджын номæй кæй рахона, уый йын ис, æмæ йæ нырæй размæ цал хатты нæ загъта, уал хатты йæ абон куы зæгъид, уый фæнды Валяйы. 7 Ададжы арæзтады къулы газеты ног номыр рацыдис. Данел æм джихæй кæсгæйæ баззадис. Уыдис дзы ахæм ныв: экскаваторы хуызæн даргъ лæг (йæ цæсгом уыдис Данелы цæсгомы хуызæн) лæууы, йæ уæхсчытæй радаргъ сты æфсæйнæгты хуызæн цæнгтæ æмæ сыл кæронæй уыдис машинæйы дзæмбыты халдих къухтæ. Хуыры ныббырыдысты æмæ сæ дзагæй сцæйиста «лæг». * «Данелы экскаватор пълантæ æххæст кæны 260%», — фыст ис нывы быи. — Хæрæг сфысса, цыхуызæн мæ скодтой, — хъазгæ æфхæрдхуызæй загъта Данел. — Æппæлгæ дæ кæнынц, — бахудт Алтег, йæ фарсмæ алæугæйæ, цыма кæмæдæр цæуылдæр мæсты уыдис, ахæм хуызæй. — Дæуæн кад, намыс. Иу дур зæххæй куы сцæйисыс, уæддæр дæ алыварс фондз-æхсæз фотографы алæууы æмæ та кæс — газеты, журналы æмæ ма суанг къулы газеты дæр фæзынынц дæ хуызистытæ. — Æмæ мæм ды та хæлæг кæныс? — Хæлæг та цæмæн, фæлæ цыма дуне иунæгæй ды иннæрдæм афæлдæхтай, афтæ цъиувæдис кæнынц. — Ехх, хæлæг кæныс, хæлæг, Алтег. Æмæ уый бæсты мæ фарсмæ куы æрбалæууис æмæ иумæ куы кусиккам, уæд бирæ хуыздæр уаид. Мæнæй, æцæг, æгæр æппæлынц. Хин сты уыдон дæр — куы мæ раппæлынц, уæд куыстмæ поджы тыпгдæр бавыалыи, цæмæй ма фæгæды уой, афтæ. 103
Ныхæстæгæнгæ бахæццæ сты иу стыр зад æхсынцъы бæласмæ. Иу-цалдæр æхсынцъыйы æртыдта Данел æмæ йæхи æруагьта бæласы бын хус кæрдæгыл; цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста. Здыйау уæззауæй цыма æрæнцадис зæххыл, афтæ йæм каст, æмæ йæ фæллад уагъта. Иæхи æруагъта Алтег дæр, цонг йæ сæрмæ сарæзта, афтæмæй. Бирæ фæбадтысты æнæ дзургæйæ. Дардæй сæм хъуысыдысты экскаваторы хæр-хæр, кæмдæр дзыхъхъæй дон чи цъырдта, уыцы машинæйы моторы тæпп-тæпп, адæмы худын æмæ хъæрæй ныхас. — Ехх, Алтег, мæ рагон хæлар, ахуыргонд куы уаин, уæд дын мæ зæрдæйы фæндтæ бæргæ фæдзурин, цас хорздзинæдтæ бакæнын мæ фæнды, уыдон. Ахуыр, ахуыр у сæйраг! — Æмæ фæсаууонмæ институты куы ахуыр кæныс, ницыма дын бацамыдтой? Данел йæ рæмбыныкъæдзыл æрæнцадис æмæ загъта: — Нæ фæлæ ды цæуылнæ цæуыс институтмæ? — Экзаминтæ куы нæ сфæрæзтон институтмæ, уæд ма фæсаууонмæ цы бакæндзынæн. Нæй, мæнæй ницы рауайдзæн æмæ куыд дæн, афтæмæй мæ ныууадзут. — Уæуу, мæнæ лæг! Куысты дæуæй ницы рауайдзæн, кусыны лæг нæ дæ, ахуыр кæнын дæу бон нæу! Уæд цæмæн? Æрмæстдæр уымæн æмæ дæхæдæг дæ ныфс сæттыс. — Сменæ! — фехъуыстис сæм кæйдæр ныхас, æмæ малырдæм акастысты. Æрбацæй-сæм-цыдис колхозы фæскомцæдисон организацийы секретарь. — Ам та цы ривæд кæнут? — бафарста сæ Даут. — Сменæ, зæгъыс? Мæнæ Алтегимæ нæ сменæ фестæм, æмæ нæхимæ нæ фæллад уадзынмæ цæуæм. — Дæ пълак та цал процентæй сæххæст кодтай? — Пълан сæххæст кодтон. Уый афтæ зын нæу, фæлæ, Даут, тæрсын, коммунизм тагъд арæзт куы нæ фæуæм,æмæ дзы мах бирæ куынæуал ацæрæм,— дзуапп радта Данел, — æмæ та зæххыл йæхи йе ’мбæрц ауагъта æмæ кастис арвмæ. — Цæмæн ныллæууыдтæ ахæм ныфссæттæн хъуыдыйыл, Данел, уæнгмардæй дæ куы нæ зонынц адæм? — Хаттæй-хатт ахæм хъуыдытæм дæр æрцæуын... 104
бирæ кæстæр мæ нæ дæ æмæ мæ бамбардзынæ. Мах адæм стæм, коммунизм не ’ппæты дæр æмхуызон хъæуы, æмæ йæ хъуамæ аразгæ дæр иумæ кæнæм, æмдыхæй... — Гъей, дæ философийыл та ахæцыдтæ, Данел, — йæ къух ауыгъта Алтег, фæлæ йæ Данел не ’рхъуыды кодта æмæ дарддæр дзырдта: — Бæллæх уый у, æмæ адæмæй бирæтæм цы хъару ис, уый æмбæхсгæ кæнынц. Мæнæ мæ хуыздæр хæлар Алтегæй зæгъæм. Хъару йæм нæй? Йæ сынæгæй хæхтæ нæ афæлдахид, куысты диосæгтæ нæ равдисид? — Цæй, дæ хæлар сæфт у æмæ йæ сæфтыл банымайæм, йæ кой мауал кæнæм, — загъта хъазгæмхасæн Алтег. — Уæртæ къанаукъахæг Долæт алы боп дæр йæ хæслæвæрдтæ дыууæфондзыссæдз процентæй æххæст кæны. Цæвиттон, иу нæ, фæлæ цыма дыууæ лæджы кусы, афтæ у. Иæ фарсмæ Алтег дæр афтæ куы кусид, уæд дыууæ нæ, фæлæ цыппар уаиккой... — Æз райсом æппындæр нал рацæудзынæн кусынмæ... Нæу мæ бон... нæ арæхсын... — Æмæ ныхас афтид дæуыл нæ цæуы, Алтег, къорд сты дæу хуызæттæ. Алтег сыстад. Фæйнæрдæм акаст, ныхæстæ йын хъыг кæй сты, уый куыд нæ бамбарой, афтæ. — Цæй, уæдæ, сымах хъæздыгдзинæдтæ æмбырд кæнут, уæ хортæ æмæ уæ мулк кæм ныккæнат, уый уын нал ис æмæ ма ноджыдæр æмбырд кæнут... Хорз байрайут, — загьта Алтег æмæ даргъ къахдзæфтæй хъæуырдæм араст. — Алтег, фæлæуу, кæд уæ æз бахъыгдардтон, уæд ацæудзынæн, — сдзырдта йæ фæстæ Даут æмæ цырд фестадис. — Мæнæ мæ Данел хъуыдис дыууæ ныхасмæ. — Ауадз æй, — загъта Данел. — Нæма фæцахуыр куыстыл æмæ тыхсы, мæсты кæны, фæлæ кæд йæхимæ æркæсид. Бадгæ уал скæн, кæд никæдæм тагъд кæныс, уæд. Даут æрбадтис. Данел йæ ныхас дарддæр кодта: — Хъуыддаг æрмæст Алтегыл нæу. Бирæ ма нæм ис, пайда чи нæ хæссы, фæлæ æрмæстдæр хардз чи 10ё
кæны, ахæмтæ. Ис ма нæм спекулянттæ, давджытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æз хицауадæй куы уаии, уæд афтæ бакæнин: иу ранмæ сæ арвитин, давæн дæр æмæ спекуляцигæнæн дæр кæм нæй, ахæм раымæ. Раттин сын зæхх, дон æмæ хъæд кæм ис, ахæм бæстæ æмæ зæгъин: мæнæ уын царды фадæттæ æмæ цæрут, куыд арæхсут, афтæ, искæйы фæллойæ къæбæр дæр нал фендзыстут. Æмæ кæд сæхæдæг райдаиккой кусын. Уый диссаг уаид, æвæдза. Фæлæ, æвæццæгæн, афтæ гæнæн нæй, æндæр хицауад æз æмæ дæуæй зондджындæр сты. Æрмæст спекулянттæ æмæ давджытыл нæу хъуыддаг. Ис ма нæм æнæуаг хъуыддæгтæ... Æхцаджын моймæ чи ацæуы, уыцы сылгоймæгтæ кусгæ нал фæкæнынц, æмæ ахæмтæ иу æмæ дыууæ не ’сты. Зилынц хæринаджы хуыздæртыл, модæты рæсугъдтыл, æмæ уый у сæ цард. Хардз — бирæ, пайда — нæй... Æмæ уыдоны æхсæн курдиатджын сылгоймæгтæ нæй? Бирæ! Мах ацы къанау Валяйы уынаффæмæ гæсгæ аразæм. Чи зоны, коммупизмы арæзтадæн нæ къанау стыр хъуыддаг дæр нæу, фæлæ уыцы æгуыст сылгоймæгтæй алчидæр ахæм фæндон куы бахæссид, уæд дæм куыд кæсид? — Ды сæ куыд зæгъыс, афтæ бирæ хъуамæ ма уой, — загъта Даут. — Афтæ бирæ æнхъæл сын нæ дæн æз дæр, фæлæ уыдонæн зоопарчы хуызæн æндæр æхсæнад саразæм, æви æнхъæлмæ кæсæм, махæн æмбæлттæн кæд сбæздзысты, уымæ. Ныхъхъус Данел, арвыл цы иугай æврагъы муртæ уыдис, уыдон сындæггай цæгатырдæм куыд бырыдысты, уымæ кастис. — Цавæрдæр æнкъард хъуыдытæ дæ абон сæ быны скодтой! — йæ мидбылты бахудтис Даут. — Æнкъард хъуыдытæ бæргæ не ’сты, фæлæ сæ æнæ дзургæ нæй, — загъта Данел, æмæ йæ къухы цы тихалæг уыдис, уый зæххыл ныццавта. 8 Алтеджы куыд бауарзта, ууыл цыма йæхæдæг дæр дис кæны Зæлинæ, афтæ кæсын æм райдыдта. Конд 106
æмæ йæм уынд йедтæмæ хорз миниуæгæй цы ис? Ницы. Адагмæ дон кæм уагътой, уырдæм дæр-иу арæх ауадис Зæлинæ. Дзибус ын балæгъстæ кодта, адæм машинæтыл кусынц, иокæмæн дзы йæхи æнæ ныццæвгæ дæр кæм уыдзæн, æмæ йæм дохтыр бынаты куы фæкæса, уæд уый хорз у, зæгъгæ. Стæй Алтеджы хъысмæт! Чызджы зæрдæ нæма фæхицæн йæ сæнттæй. Лæппу донуадзæнмæ иу-æртæ хатты рауæдтытæ кодта. Фæлæ цæй куыст æмæ цæй æндæр. Хъентæ-ментæгæнгæ-иу иу-дыууæ дуры иуварс фæбырын кодта æмæ та-иу, мæ боп нал у, зæгъгæ, хъæумæ афардæг. Афтæ лæмæгъ æмæ уæнгмард æнхъæл ын нæ уыдис Зæлинæ. Ау, кафты чызджы фæстæ куы фæраст вæййы, уæд, цæргæсы базыртау, рог куы сисы йæ къухтæ æмæ æппæтæй рæсугъддæр куы фæфидауы. Цы уыдзæн афтæмæй, магусайæ? Фесæфдзæн бынтондæр, мады къух æм куы нал хæццæ кæна, уæд. Зæлинæ бонæй-бон тынгдæр æмбары, йæ зæрдæйæ дардæй-дарддæр куыд кæны Алтег, уый. Æмæ ма йын искуы йæ уарзондзинады кой куы скæна, уæд ын комкоммæ зæгьдзæн, се ’хсæн иумжйагæй юæй ницы ис, æмæ уæд мыггагмæ фæхицæн уыдзысты сæ сæнттæй. Тæригъæд дæр ын бæргæ кæны. Йæ мад Дофка рынчындоны хуыссы уадзыгæй, æмæ цы уыдзæн, уый бæрæг нæй. Йæ сæр уæззау цæф у. Куы фæталынг, уæд æрбаластой Дофкайы йæ сыхæгтæ. Алтег расыгæй сæ фæстæ цыд æмæ богъ-богъæй куыдта. Сæхимæ, сыхæгтæ мады хъæрмæ куы æрбамбырд сты æмæ йæ куы фарстой, Дофка цы кодта, зæгъгæ, уæд афтæ расыг уыд æмæ йæ бон ницы зæгъын баци. Зæлинæ усы сæры цæф куы баста, уæд æм цыдæр гуырысходзинад фæзынд; цымæ цæмæн у афтæ тынг цæф Дофкайы сæр? Фæлæ гуырысхо-гуырысхо у æмæ йын æцæг хъуыддаджы хуызæн дзурæн нæй. Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, радгæс дохтырты уаты бадгæйæ, афтæ йæм фæдисы згъорд æрбакодта медициноп хо. — Зæлинæ, Дофка цыдæр кæны. 1С7
— Сабыр! Бæстæ дæ сæрыл куы систай, — загъта Зæлинæ, æмæ батагъд кодта рынчынмæ. Дофка сæнттæ цагъта. Йæ дыууæ къухы йæ сæрмæ систа, хъахъхъæнæгау, йæ цæстытæ тарс.т хъоппæг ныйисты, афтæмæй хъæр кодта: — Лæппу! Лæппу! Мауал ныццæв! — Дофка! Ма тæрс, ничи дæ цæвы! Дофка ноджы тарстдæрæй дзырдта: — Мауал... Мауал мæ ныццæв! Рынчыны акомкоммæ цы зæронд ус хуыссыд, уый йæм тæригъæдгæнгæйæ кастис æмæ загъта: — Мæ мард мын фенай, Зæлинæ, Дофка афтæ дзæгъæлы нæ хъæр кæны. Чидæр æй ныццавта æмæ ма йæ куы ныццæва, уымæй тæрсы. Чысыл раздæр йæхæдæг цæуыл дызæрдыг кодта Зæлинæ, уый йæ зæрдыл æрбалæууыдис. Фæлæ хъуамæ чи ныццавтаид ахæм сабыр усы? Иæ цæрæнбонты маст ныхас куы никæмæн загъта. Ау, Алтег йæ къух йæ мадмæ систа? Нæ, сырд дæр афтæ нæ бакæндзæн. Æвирхъау хъуыдытæ йæ сæрæй атæрыныл архайы Зæлинæ, фæлæ нæ комынц. Дофка йæ сæнтты лæгъстæ кæны цавæрдæр лæппуйæн. Алтег ма йæ къæхтыл тыххæй лæууыд... Мæстыгæнаг у расыгæй æмæ... æвæццæгæн йæ мадмæ йæ къух систа... Æмæ уæд ныронг куыд уарзта ахæмы Зæлинæ? Ам ма куы уаид, уæд æй бæлвырддæр бафæрсид, чи зоны, æмæ базонид, хъуыддаг æцæг куыд уыдис, уый. Фæлæ рынчыны мидæмæ куы бахастой æмæ йæ сынтæджы куы æрæвæрдтой, уæд Алтеджы дæр сæхимæ акодтой. Бон куыддæр æрбацъæх, афтæ æррайы хуызæн рынчындоны æрбалæууыдис æмæ Зæлинæмæ бадзурын кодта. — Цы кодта дзыцца, цы йыл æрцыд?.. — Фæлæ Зæлинæйы сабыр, уарзæгой кастгæнаг цæстытыл ахæм мæсты æнгас ауыдта, æмæ ма цы загътаид, уый нал зыдта. — Цæй-ма, куыд ницы дзурыс? — Сырд куы нæ дæ, уæд дæ ныййарæг мадмæ дæ къух куыд систай? — мæстыйæ афарста Зæлинæ. — Зæлинæ!.. Цы дзурыс уый?!.. Цы кодтон?! — Алтег йæ сæрыл ныххæцыд æмæ йæ уынæргъын ссыд. 108
— Кæд ма дæ мад æрчъица, уæд æй бафæрсдзыстæм!.. Алтег фæтарсти йæ мадæн æмæ дзы йæ раздæры катай айрох, — Æмæ афтæ уæззау у?.. — Хъавыдис мидæмæ бацæуын дæр, фæлæ йæ нæ бауагътой, йæ размæ æцæгæлон адæймаджы хуызæн лæууыди Зæлинæ. Алтег рацыд сæхимæ æмæ ныффæлдæхт йæ хуысоæны. Ахæм фæсмон æмæ тæригъæд никуыма сæвзæрдис йæ зæрдæйы. Куыд рауадис хъуыддаг? Уæлæсыхы Уататæм номæвæрды циндзинад уыдис. Номæвæрæг уый куыд фæцадаид, афтæ фæндыдис Алтеджы (æниу æй цæмæн хъуыдис, мæлæты саламджын куы нæ уыдис), фæлæ ном æндæр хъæуккаг уазæджы фæцис. Алтег схъаугъа кодта, лæбурынтæ систа, фæлæ йæ Данелитæ æнæ хъæр, æнæ уынæрæй уынгмæ ракодтой æмæ сæхимæ ацыд. Фæндагыл йæ маст фыхтис. Йæ къухтæ-иу размæ ариуыгъдтытæ кодта, цыма искæйы цæвы, афтæ. Ацы æхсæв æй Данелимæ фæхыл уæвын дæр фæндыдис — æппынфæстаг ын сывæллон у, æви цы? Фæлæ йемæ хылгæнæн дæр нæй, иуæй мæсты нæ кæны, иннæмæй та хъаруджын у. Расыгæй дæр æмбæрста, йæ кад дæлæмæ куыд хауы, уый... Æмæ уый кæй аххос у? Иæ мад Дофкайы аххос, — ахæм хъуыды æвиппайды йæ сæры фæзынд. Уый-иу хъæр кодта æдзухдæр: — Æз мæ фырты колхозникыл нæ ахуыр кæнын! Ууыл мах сахуыр стæм æмæ нын æй нæхи бар уадзут. Мæ лæппуйæ та мын уæлæ скъолайы студент скæнут! Æмæ цы кæна дарддæр Алтег? Лидзгæ... лидзгæ, цы адæмы æхсæн ис, уыдонæй. Кæдæм? Кæдæмдæриддæр, йæхи æгад кæм нал кæндзæн, адæммæ æфсæрмыгæнгæйæ кæм нал кæсдзæн, уырдæм. Æмæ цæугæ та цæмæй акæндзæн? Фæстаг хатт ма иокæмæй æфстау райсид, фæлæ йыл чи баууæнддзæн? Чи йын ратдзæн?.. Æнæ алидзгæ та нæй... нæй... нæй... Уыцы расыг æмæ мæстыйæ баййæфта Дофкайы сæ сарайы. — Нана, æхца мын ссар ныртæккæ, — йæ риу ныххоста Алтег. 109
— Цæмæн дæ афтæ æхсызгон бахъуыд æхца, дæ фæхъхъау фæуон? — Фæндаггагæн, фæндаггагæн... Æз цæугæ кæнын, фæстæмæ кæцæй нал æрыздæхон, ахæм ранмæ. Фыццаг ын зæрдæ æвæрынмæ хъавыдис мад, æхца дын ссардзынæн, зæгъгæ, стæй фæтарст, æцæг куы ацæуа æмæ куынæуал æрыздæха, уымæй. — Дæ фæхъхъау мæ уд æрбауа, нæхимæ æхца нæй, уый зоныс, сыхæгтæй та нын дæтгæ ничиуал ракæндзæн, кæмæй сæ нæ дарæм, ахæм куы нал ис... — Нана, æхца мын... Æз цæугæ кæнын ардыгæй... Ничиуал мæ хъæуы. — Ахоæв дын- не ’ссардзынæн, дæ рын бахæрон... Уымæй фæстæмæ ницыуал хъуыды кæны Алтег. Чи зоны, йæхæдæг ныццавта йæ мады... Фæлæ уый та куыд... Уæвгæ æррагæнаг у нозтæй. Мæнæ ныртæккæ цы фæсмон æрцыд Алтегмæ, уый йæм куыд нæ разынд дысон? Æвирхъау ми кæд бакодта, уæд æй цæуылнæ цæвынц, цæуылнæ йæ марынц. Мад куы фервæза, нæхимæ куы æрыздæха, уæддæр ма йæм цы цæстытæй кæсдзæн? Нæ... афтæмæй цæрæн нал ис! Зæлинæ дæр кæд афтæ хъуыды кæны, уæд нал ис, йæхицæн сæнттæ кæмæй арæзта, уыцы адæймаг... Æнæ мад, æнæ Зæлинæйæ цæрын та йæ бон нæ бауыдзæн. Хуыссы дæлгоммæ Алтег æмæ дарддæр цы кæна, уый алыг кæнын нæ фæразы. Йæ хъуыддаг хорз æмбары: цы дзурынц, кæд уый бакодта, уæд уый æгады хъуыддаг у, дарддæр афтæ цæрæн нал ис. 9 Мæстыйæ æрыздæхти йæ куыстæй Дæгка. Æмæ мæсты дæр куыд нæ уыдаид. Фæззыгон куыстытæм куыд цæттæ у район, ууыл æрныхас кæнынмæ æрæмбырд сты Хасмелы кабинеты. Йæ зæрдæ рухс уыд Дæгкайæн, йæ хъуыддæгтæ куыд сты, уымæ æмбырды размæ куы æркаст, уæд. Сахъатдзинæдтæ куыд нæ уыдаид МТС-ы куысты æмæ сæ йæхимæ фæнысан кодта, фæ110
лæ хабæрттæ бæлвырд кæй фæхуыздæр сты, уый бæрæг уыд. Картофкъахæн машинæтæ иууылдæр цалцæггонд сты æмæ æнæзиантæй æмгъуыдæй раздæр бафснайдзысты, бадзырдтæ сын кæимæ, ис, уыцы колхозты картофы хуымтæ. Нартхортонæн комбайнтæ дæр, цыма бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсынц, афтæ цæттæ сты. Дæгка лæппуйæ дæр йæхицæй къуыдиппы æппæлд иикуы кодта, фæлæ адæймаг у æмæ йæ куыст рæстмæ куы фæцæуы æмæ уый æргом зæгъын йæ бон куы уа, уæд йæ зæрдæ барухс вæййы. Æмæ йæ куысты хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ис, уый куы дзырдта, уæд-иу йæ хъустыл ауад сусæг дзырдтæ: — Æфсæддон дисциплинæ æрæвæрдта МТС-ы æмæ йæ хъуыддæгтæ рæвдз ацыдысты. Рагæй дæр афтæ хъуыдис. — Зонгæ кæны, зонгæ, машинæ цы у, уый. — Нæ фæлæ йæ адæм бауарзтой æмæ уый æппæтæй зынаргъдæр у. Æхсызгон уыдысты, кæй зæгъын æй хъæуы, Дæгкайæн уыцы ныхæстæ, фæлæ ма бригадиртæ дæр куы загътой, МТС-ы куыст бæлвырд фæхуыздæр, зæгъгæ, уæд Сандыр йæхи нал баурæдта æмæ ныхас ракуырдта. — Æрмæст та ма смæсты у. Дæгкайæ хорз куы фæзæгъынц, уæд дæуæн та дæ зыр-зыр фæцæуы, — йæ хъусы йып бадзырдта хъазгæмхасæн Хасмел. — Не ’нтыстдзинæдтæ сты, колхозтæ хорз кæй бакуыстой, уый бæрæггæнæн. Рагæй кусын æз æмæ ирон зæххыл ахæм хор æрзайгæ никуыма федтон. Хорз уыдис аз, хорз бакуыстой колхозтæ (МТС дæр кæй куыста, уый дзы цæмæндæр ферох) æмæ тыллæг дæр хорз æрзадис. Фæлæ уый иу хъуыддаг у, хъæздыг тыллæг куыд бафснайдзыстæм, уый та æндæр хъуыддаг у. — Æмæ нымайын райдыдта, районы ца/1 колхозоны ис æмæ дзы цавæр куыстмæ цал адæймаджы ракæнæн ис, суанг ма сын скъоладзаутæ цы баххуыс кæндзысты, уыдæттæ. — Æмæ нын уыцы куыстыты бындурон цæджындзтæй иу хъуамæ нæ МТС уа. Раст зæгъын хъæуы, фæстаг рæстæг йæ куыст фæрæвдздæр, уымæн æмæ йæм райком йæ хъус фылдæр дарын райдыдта. 111
— Æмæ дæ хъаст куы кæнынц, зонæйы секретарь нæм арæх нæ вæййы, нæ аныхас кæны немæ, нæ нын аххуыс кæны, зæгъгæ, — бафиппайдта Хасмел. Ахæм ныхасы тыххæй æндæр искæмæ смæсты уæвæн, кæнæ та атæргæйттæгæнæн дæр уыдис, фæлæ Хасмел йæ хъуыды афтæ сабырæй фæзæгъы æмæ йæм не ’смæсты уыдзынæ, дзæгъæлы бафхæрыны тыххæй нæ фæдзуры, фæлæ йæ цæмæй бамбарой, ууыл фæархайы. Куы нæ йæ бамбарай, уæд та дын æргомæй бацамондзæн, цæмæй раст нæ уай, уый. — Æз дзы арæх нæ вæййын, чи зоны, фæлæ, «Хасмел МТС-æй нал цæуы», зæгъгæ, дзурынц иууылдæр æмæ раст куы зæгъæм, уæд саб ды арæх бæрæг кæныс. Æмбырды уæвджыты æхсæнæй фехъуыстис худын æмæ уæд Сандыр йæ ныхас æндæрырдæм фæцарæзта: — Нæ МТС ацы азы хуызæн рæвдз никуы ма уыдис фæззыгон куыстытæм, фæлæ та цымæ техникæйæ раст пайдагонд æрцæудзæн? Дзибусæн та хуыздæр хай нæ бакæндзæн Дæгка, иннæ колхозтæ та рохуаты нæ аззайдзысты?.. Уæззау хъуыдытæ кодта ныр сæхимæ Дæгка, æмæ æвиппайды фестъæлфыд, кæрты дуар куы æрбахостæуыд, уæд. Уалынмæ къæлиткæ æрбайгом æмæ дзы æрбакаст Алтег. Бацæуæн уæм ис, зæгъгæ, бафарста, æмæ дзуапмæ дæр нæ баихъæлмæ кастис, афтæмæй мидæмæ æрбахызт. Уыдис æфхæрд æмæ æнкъардхуыз. Дисы бацыдис Дæгка, Алтег сæм кæй фæзынд, ууыл. Чи зоны, æмæ куыст агуры. Уый бæргæ хорз уаид. Лæппу йæм хæстæг куы бацыдис, æмæ йын «дæ изæр хорз» куы загъта, уæд Дæгка сыстадис, йæ къух ын райста æмæ йын ацамыдта бандонмæ. — Нæ, бадгæ не ’окæндзынæн. Алæууыдысты иудзæвгар æнæ дзургæйæ. Дæгка цы загътаид, уый нæ зыдта æмæ сбадт, Алтег та дзурын нæ уæндыдис. — Адæмæн кæрæдзимæ цæуын хæс у, — загъта æрæджиау Дæгка, — фæлæ нæм цыма ды æнæ хъуыддагæй не ’рбацыдаис, афтæ мæм кæсы. Дзур, Алтег, цы хабæрттæ дæм ис? — Раст зæгъыс, — уыцы æфсæрмы хуызæй, йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, загъта Алтег. — Афтæ кæй 112
æрбацыдтæн, уый, чи зоны, мах æгъдæуттæм гæсгæ раст нæу, фæлæ мын æй ныббар. — Зæгъ, кæд дæм исты зæгъииаг ис, уæд. — Хистæр дæ æмæ бахатыр кæн, фæлæ дæм дæ чызг Зæлинæйы тыххæй сдзурынмæ мæ ныфс бахастон. Иунæг дæн æз дæр мæ мадæн, иунæг у уый дæр дæуæн... Дæгка йæм комкоммæ бакастис. Лæппу, æвæццæгæн, йæ царды куыд иикуыма æфсæрмы кодта, афтæ кæй ныфсæрмы, уый федта æмæ йæ бафарста: — Æмæ мæнæй раздæр искæимæ ныхас кодтай? — Мæн æппæтæй тынгдæр дæу дзуапп хъæуы, — загъта Алтег. — Ахæм хъуыддаджы фæдыл кæм æрбацыдтæ, уым дæ, æвæццæгæн, æппæтæй тынгдæр чызджы дзуапп хъæуы, æмæ уыимæ дзырдтай æви нæ? — Дæумæ фарст куы æрхауа, уæд дæ фæндон куыд уыдзæн, уый базонын мæ фæнды. — Мæнмæ ныхас куы æрхауид, уæд дæу пайдайæн дзуапп нæ раттин. Стæй мæ чызджы фæнды, зæгъгæ, уый куы базонин, уæддæр йæ бакъуылымпы кæныныл бацархаин, æнæгæды дын куы зæгъон, уæд, — загъта æнцадгай Дæгка æмæ скаст Алтегмæ. Уый дæр æм уырдыгмæ кастис хъоппæг цæстытæй, æмæ зын бамбарæн уыдис, цы акæнынмæ хъавы, уый. — Цæмæн афтæ зæгъыс, мæ хистæр куы дæ... — Адæм цы бирæ хорз хъуыддæгтæ кæнынц, уыдонæй ды дæр хъуамæ дæхимæ иу райсай, хъуамæ æрлæууай иннæты æмрæнхъ... Æнæ хъуыддагæй лæппу хус кæны, тала бæлас æнæ зæххæи куыд хус кæны, афтæ. Ахæм бæласыл та сыфтæр дæр нæ вæййы æмæ аив дæр нæу. Фæлæ нæ ныхас æгæр даргъ аивæзтам,'æз та фæллад дæн. Дæхимæ æркæс, — сыстад Дæгка. — Бахатыр кæы, кæд мæ цæсгом æгæр æрбахастон, уæддæр дæм хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæн æмæ дæ дзуапп курын. — Дæ мад та цыхуызæн у? Рынчындонæй нæма рацыд? — æвиппайды йæ афарста Дæгка, йæ зæрдыл цæмæн æрбалæууыд, уый дæр нæ фæхъуыды кодта, афтæмæй. Комкоммæ йæм бакаст Алтег, къахгæ йæ кæны æви 8 Адзрм адæм сты 113
иæ, уый базоныны тыххæй. Фæлæ къахыны æпгас дæр, уайдзæф дæр куы пæ бафиппайдта Дæгкайы цæсгомыл, уæд загъта: — Дзæбæх у, фæлæ йæ рынчындонæй нæма рафыстой... — Дæ мады хуызæн фæлмæизæрдæ мад кæмæн ис, уый йæ амондæй хъуамæ разы уа. Ссар-ма, ахæм хъару кæмæ уа, ахæм æмбал дæхицæн, цæджындзау се ’хсæн фидар фæлæуу æмæ уæлæмæ сисат уæ хæдзары кад. — Уыцы амонд мын дæуæй аразгæ у, æмæ дæм уымæн æрбацыдтæн. — Æз дын цы ныхас зæгътон, уымæй уæлдай дын мæ бон ницы у зæгъын... Мæстыхуызæй хæрзизæр загъта Алтег æмæ ацыд. Дæгка йæ фæдыл кæсгæ баззадис. Алтег кæрты дуар йæ фæдыл куы ахгæдта, уæд та йæ бандоныл æрбадтис Дæгка æмæ йæ фыццаг хъуыдытыл фæцис. Цæмæн æм афтæ мæсты кæны уæддæр Сандыр? Чи зоны, хицау кæй у, уый куыд æмбарой, æмæ йæм куыд хъусой... Фæлæ коммунист куы у, уæд... Уæвгæ йæм уыцы миниуæг рагæй ис... уый дæр хъуыды кæны Дæгка. Иемæ сабырæй баныхас кæнын хъæуы... — Цæй æнкъардæй та бадыс, уыцы лæппу? Дæ куыстæй дæ зæрдæ нæ рухс кæны, æви фæллайгæ бакодтай? — йæ тæккæ разæй йæм сдзырдта нана, æмæ йæ уый йæ хъуыдытæй фæхицæп кодта. Нана йæ чысыл бандоны баз дзæбæхтæгæнгæ рацæйцыд æмæ йын Дæгка сыстад. — Æххормагæй дæ амардтон, фæлæ иæ адæм ныффæстиат сты, ды та мын æнæ уыдон хæрын нæ комыс æмæ уын цы кæнон. — Тыхсгæ ма кæн, нана, ницы мын уыдзæн. Ардæм хъæуы уыдоны дæр. Иудзæвгар куы абадтысты, уæд нана сындæггай загъта: — Уыцы лæппу, рагæй дæр дын иу ныхас зæгъынмæ хъавын æмæ дæ æфсæрмы кæнын. — Уый хъуамæ цавæр ныхас уа? — бахудтис Дæгка. 114
— Цы зонын, дæ рын бахæрон, фæлæ дын дæ цардмæ кæсын æмæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы. — Ау, исты æвзæр хъуыддаг бакодтон? — Æвзæрæй та цы хъуамæ бакæнай, лæппуйæ-иу куы нæ кодтай ахæм митæ, уæд. Фæлæ дæм кæсын æмæ дæ дæ цард куыддæр дзæбæхдæр саразын хъæуы; Нæ чызджы номыл кæд нæ аразыс дæ цард, уæд уый раст нæу. Дæ къухы ацардис, цас ын нывгонд уыдис, уыйбæрц, <æмæ дæ бузныг уыдыстæм не ’ппæт дæр, афтæ буц æй фæдардтай. Фæлæ йæ ныр дæхицæн знаг скæн, мард æгæстæн знаг у æмæ дæ царды амонд ногæй сараз. Æдзæмæй дзæвгар фæлæууыдис Дæгка, стæй загъта: — Ахæм хъуыддаджы фæдыл мæм æрбадзырдтай, нана, æмæ дын æвиппайды цавæр дзуапп раттон, уымæн ницы зонын... — Чи зоны, хуыздæр уыдаид, мыггаг дæм куы бадзырдтаиккой, уæд, фæлæ зæронд дæн æз, сывæллон нал дæ ды дæр æмæ мæм ацы ныхас æнæаипп кæсы. — Никуы мæм æрцыд ахæм хъуыды, ыана, чи зоны, æмæ мæ службæ дæр иучысыл хъыгдардта. — Æз дын æнæуи дæр цы æххуыс дæн, фæлæ, æвæццæгæн, бирæйы фаг нал дæн, чызджы дæр хæдзары бирæ нал ныууадздзысты, хуыцау æй кæмæн саккаг кодта, уыдон, æмæ уый фæстæ дæуæн зын цæрæн уыдзæн. Нана йын йæ цардыл афтæ кæй мæт кæны, уый æнхъæл никуы уыдис Дæгка. — Мæхи чызджы хуызæн уарзыи мæнæ Залханы. Æмæ йыл ахъуыды кæн... Кæд сразы уа, уæд мын мæхи хъæбулæй адджындæр ма уыдзæн. Дæгка бакаст нанамæ. Æцæг ын ахæм хъуыды йæхи зæрдæ æмæ зонд дæр иу-цалдæр хатты фæцагайдта. Залхан уæздан, хæдæгъдау, зондджын æмæ ахуыргонд адæймаг у. Сæрибар рæстæг йемæ фæбад мæнæ ам кæрты æмæ фæныхас кæн, уæддæр бæрæгбоны хуызæн вæййы. Æмæ уымæй та цас зоны! Цæйбæрц хъуыддæгтыл ныхас кæнын у йæ бон. Раст зæгъын хъæуы, се ’хсæн хъуамæ иу-фынддæс азы уа, фæлæ... Фæлæ уыцы хъуыддагыл зæрдиагæй никуы ахъуыды кодта Дæгка, Залхан хорз адæймаг кæй у æмæ 115
хорз æмбал кæй уаид царды, уый-иу цы бафиппайдта хаттæй-хатт, æндæр. Æмæ ныртæккæ нанайæи цы дзуапп радта, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. йæ тыхст ын цыма зæронд ус йæхæдæг фембæрста, афтæ загъта: — Афтæ дын зæгъгæ кæнын. Фæлæ йыл ахъуыды кæн. Мæнмæ æвзæр иæ кæсы. Æнæуи та сымах зондджындæр стут æмæ куыд хуыздæр у, афтæ бакæнут, — æмæ Дæгка куыд бафиппайдта, афтæмæй ыана кæрты дуармæ фæкаст æмæ ног чындзау сыстад. Къæлиткæ æрбайгом æмæ дзы æрбахызтис Гæбæти, æфсæддон дарæсы нæ, фæлæ йæ дæргъытæ цъæх костюмы, цъæх велюр шляпæйы æмæ æрттиваг сау батинкæты. — Гъей, уазæг нæ уадзут уæхимæ? Куы нæ мæ уадзат, уæддæр ма атæрын чи бакома, ахæмы каст нæ кæнын, — хъæлдзæг ныхасгæнгæйæ, кæрты мидæмæ æрбараст Гæбæти. Дæгка рацыд йæ размæ. Тынг бацин кодтой кæрæдзиуыл. — Цæуылнæ дæ уадзæм, дæ фæхъхъау фæуон, нæ къæсæртæ нын, миййаг, куы нæ фæсастай, — загъта нана, æмæ райста Гæбæтийы къух, сбадын æй кодта æмæ мидæмæ ацыдис. — Кæцæй фæдæ, дæ хорзæхæй, уыцы усгур арæзтæй, — хъазгæйæ бафарста Дæгка. — Дысон æруадтæн æмæ уæ куы федтаин, уый мæ фæндыдис, фæлæ мæ къухы нал бафтыд. — Ау, æмæ кæд дысон æрцыдтæ, уæд мын Валя куыд ницы загъта? — æмæ йæхæдæг йæхицæн дзуапп радта: — Уæвгæ райсомæй МТС-мæ æрмæст æхсгæуад бакодтон, æнæхъæн бон райкомы уыдтæн. Дзибус дæр райкомы куы уыдис, уæд мын уый та куыд ницы загъта? Уымæ уыдзынæ фысыммæ, уæдæ куыд? — О, хорз фысым мын фæцис уæ хъæуы, — бахудтис Гæбæти. — Цæй, куыд дæм кæсы дæ чызг æмæ де ’сиахсы цард? — Сæ цард куыд у, уый дын радзурин, фæлæ мын æй æппæлыныл куы баыымайай... Уарзынц кæрæдзи, кæрæдзи æмбарынц æмæ амондджын сты. — Хорз у уый, тынг хорз. — Мæ зæрдæ дæр æрсабыр. 116
— Æвæццæгæн иу чызг дæр афтæ нæ уарзта йæ фыды. Фæдзырдтон ын мæ царды хабæрттæ кæрæй-кæронмæ, бамбæрста, йæ мадимæ нæ цард кæй нæ рауад, уый мæн аххос кæй нæ уыдис. Мæт кæнын дæр мыл райдыдта. Писмо дзы райстон, æруай-ма, зæгъы, пæхимæ. — Писмо радта Дæгкамæ, цæмæн æм æй дæтты, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, афтæмæй. — Фæтарстæн, æрыгæттæ кæрæдзи, æвæццæгæн, нæма бамбæрстой, æмæ сæм исты ныхас рауад. Æрцыдтæн æмæ... — Гæбæти Дæгкайы уæраг æрцавта. — Æдзух, дам, дæ мысын, горæтмæ та йæ æвдæлгæ нæ кæны. Мæнæн та ахæм хорз хуыцау ракæна. Дæгка касти йе ’рдхордмæ æмæ йын йæ уынд тынг æхсызгон уыд: бынтондæр фендæрхуызон ис Гæбæти, æнцон бамбарæн уыд, цас амондджын у, уый. 10 Цæуы уынгты Алтег, йæ сæр гуыбырæй хæссы, æмæ йыл чи сæмбæлы, уыдон дис кæнынц. Кæддæртау расыг нæу, цудгæ нæ кæны, уæдæ дзæгъæл кæстытæ дæр æмæ ныхæстæ дæр никæмæ скæны. Дæгка йын йæ зæрдæйы стыр маст бауагъта, æмæ, раст зæгъгæйæ, ныры хуызæн æрхæндæг никуы ма уыдис. Сæ кæртмæ куы бахызтис, уæд æнцад лæугæйæ аззад. Нæ йæм цыд мидæмæ бахизын. Дофкайы рынчындонмæ куы аластой, уæдæй фæстæмæ йæ сæ хæдзармæ йæ къах нал хаста. Айдæнау сыгъдæг марзт-иу уыдысты кæрт æмæ сара кæддæриддæр æмæ сæ адæймаджы зæрдæ рухс кодта. Фæлæ ныр иæрты къуымты сарæхсты хъæмпыхæлттæ æмæ бумбулитæ; цыма æнæхъæн азы дæргъы æфснайд нæ уыдысты, афтæ зындис. Сæуындæй ноджы тынгдæр нынкъард Алтег. Хæдзары размæ дыууæ стыр æнгуз бæласы бæрзонд фæцыдысты. Æнгузты къабузтæ иу кодтой, хæдзары фæстæ кæй ныссагъдæуыд, уыцы дыргъ бæлæсты къабузтимæ, цыма æддæг-мидæг ауадысты, афтæ иумæ хъæды хуызæн сысты. Фæлæ лæппуйы зæрдæ зад бæлæсты уындæй дæр нæ фæхъæлдзæгдæр. Цыдæр æнкъард æдзæллаг хуыз æвдыстой. Æмæ уыдон, æцæг117
дæр, згыæлдтой оæ цæттæ æнгузтæ, æмæ афтид агъудтæй уæлдай æнæфснайддæр уыдис сæ бын. Бафынæй у æмæ дæ мæстытæ ферох кæн, зæгъгæ, ахъуыды кодта Алтег, фæлæ хæдзары мæгуыр хуыз йæ цæстытæй нал хицæн кæны. Уаты — айдæнджын шифанер, дыууæтумбæджын фыссæн стъол (йæ фыртæй студент, кæнæ профессор кæнынмæ хъавыдис Дофка, æндæр æй цæмæн хъуыд?), дзыхъхъынног къæлæтджын бандæттæ, рудзынгыл — зæлдагæй конд, дуарыл та нывæфтыд кæттаг æмбæрзæнтæ. Йæ усгур фыртæп уат хорз бацæттæ кодта Дофка. Фæлæ дзаумæттæм ныр йæ къух нал хæццæ кæны æмæ се ’ппæтыл дæр рыг бæзджын сбадтис. Бынтон æдзæллаг та Алтегæн йæ хуыссæн ныццис. Кæддæр иууылдæр æрттивгæ кодта суанг æмбæрзæнтæй базыцъæртты онг. Фæлæ сыл Алтег ныффæлдæхы, уат нæ бакæны, афтæмæй, æмæ стыхтытæ, сызмæстис, æнæхсад цикъæйы рæдзæгъдты хуызæн ссис. Стыхсти ноджы тынгдæр Алтег, зæхмæ кастис, цыма исты зынаргъ дзаума асаста æмæ уый згъæлæнтæм ныккомкоммæ, афтæ. — Хъы-гъы-гъыхъ-хъы-гъы-гъыхъ — зæгъгæ, лæппуйы размæ рауадысты хъазтæ, ивæзтой йæм сæ сæртæ. Бамбæрста, æххормаг сын кæй у, хæринаг дзы кæй агурынц, уый. Дофкайы фæстæ сæм йæхæдæг зылди æмæ йыл фæцахуыр сты. Бацыд хордонмæ æмæ рахаста стыр къусы дзаг згъæлд нартхор. Апырх æй кодта сарайы æмæ басидтис хъазтæм. Уыдон дæр уæздан раст раисты йæ фæдыл. Кæрчытæ хъазты уынæр куы айхъуыстой, уæд, пæррæстытæгæнгæ, æрбамбырд сты нартхорыл. Кæцæйдæр, хæдзары аууонæй, фæзындысты гогызтæ дæр, сæ сæртæ айваз-айваз кодтой, афтæмæй. Кулдуары бынты’æрбабырыдысты бабызтæ, æмæ уыдон дæр сæ ныхтæ сарæзтой мæргъты куывдмæ. Стæй æнæбары базылд фосмæ дæр æмæ цалынмæ уыдæттæ кодта, уæдмæ æризæр. Бафæллад æмæ никæдæмуал ацыд. Ныффæлдæхтис йæ хуыссæны. Талынгæй-талынгдæр куыд кодта, афтæ тарæй-тардæргæнгæ цыдысты йæ хъуыдытæ. — Гъы-ы-ха-х! — мæсты уынæргьд ныккодта Ал118
тег. Р1æ зæрдыл та æрбалæууыдысты йæ мад... Зæлинæ... хъæубæстæ... Нæ, æнæ Зæлинæйæ йæ бон цæрын нæ бауыдзæнис. Æмæ йæ ныхмæ Дæгка нæ, фæлæ æнæхъæн хъæу куы рацæуой, уæддæр ын æй ничи байсдзæн, — афтæ бæргæ хъуыды кодта Алтег, фæлæ йæ риуы ныфс нæ равзæрдис, — куыд хъуамæ бафта йæ къухы Зæлинæ, йæхи куы нæ фæнда, уæд? Тыхсы йæ хъуыдытæй Алтег, йæ зæрдæ рисгæ æлхынцъытæ кæны, фæнды йæ фервæзын йæ хъуыдытæй, фæлæ йе ’нæхъомдзинад зоны æмæ йæ уый мары. «Охх»... — зæгъгæ, рабадт йæ хуыссæны æмæ цырагъ ссыгъта. Æркаст йæхимæ — йæ дзауматæ афтæ æнцъылдтæ уыдысты, æмæ сæ кæртмæ ахизæн дæр нæ уыдис. Шифанер байгом кодта. Дзаумæттæй иутæ рæдзæгъдтæй лæууыдысты, иннæтæ та, кæд ауындзæныл дзедзыкка кодтой, уæддæр рæвдз нæ уыдысты. Иæ уæлæйæ сæ куыд раласы, афтæмæй баззайынц. Цы дзы счындæуа хуыздæрæн? Уæд та æнцъылдтæ дарæсы ацæуид уынгмæ? Нæ, фæлтау ныххуысдзæн æмæ ныффынæй уыдзæн. Фæлæ йæ цавæрдæр тых ласы æддæмæ, йæхи цы фæкæна, уый нæ зоны... Кæртæй æрбайхъуыстис нæлгоймаджы ныхас. Алтег йæ хъуыдытæй фæхицæн. — Рухс æм судзы æмæ хъуамæ ам уа, — загъта æддейы чидæр. — Ды та афтæ загътай, сæхимæ, дам, нæ уыдзæн. — Ацафон никуы вæййы сæхимæ. Рынчын ма фæуæд? Æрдæбон тынг æнкъардæй æрбацæйцыд. Сæ ныхасæй базыдта Алтег Данел æмæ Дауты. Цымæ йæм цæмæ æрбацæуынц? Цæмæй йын баххуыс кæндзысты? — ахъуыды кодта йæХинымæр Алтег æмæ æнкъардæй сæ размæ тыргьмæ рахызтис Данел æмæ Даут сæ хæлармæ кæй фæзындысты, уый диссаг нæу. Фæлæ абон сæ цыды сæр уæлдай ахсджиагдæр у. Цæвиттон, хæрз æрæджы сæм фæдзырдта райкомы секретарь Хасмел. Лæппутæ фæдис кодтой, цæмæн нæм хъуамæ дзура, зæгъгæ. Æпиу сæм чысыл хъуыддаджы тыххæй куыд дзурдзæн? Раст зæгъын хъæуы, æрæджы сæ колхозы куы уыдис, уæд пыффæдзæхста, 119
уæтæртæм арвитут фæлтæрдджып фиййæуттимæ æззаргæ, хъаруджын фæсивæд, фæлæ уыцы хъуыддаг ахицæн. Даут йæхæдæг дæр зымæгон хизæнтæм цæуы. Стæй сæм кæд уый тыххæй дзуры, уæд дзы комбайнер Данел та цæмæн хъæуы? Æппæт дæр рабæрæг Хасмелы кабинеты. Æгасцуай сын загъта секретарь, стæй сæ фарсмæ диваныл сбадт. Фæфарста сæ сæ хъуыддæгтæй, сæ цардæй, уынаффæтæ сын фæкодта. — Сымахимæ нын æнцон дзурæн у, зонут, кæцырдæм цæуын хъæуы, уый, стæй алцæмæ дæр хорз арæхсут. Фæлæ Алтегæн цы бакæнæм? Рæдыд фæндагыл фæцæуы, æмæ йæ йæхи бар ныууадзæм, фесæф, зæгъгæ, — комкоммæ сæм фæрсæджы каст ныккодта Хасмел. Лæппутæ фæтыхстысты, цы дзуапп ын радтаиккой, уый нæ зыдтой. — Ау, æмæ мах хуымы мæнæуы гага сæфын, картофы билцъ æмбийын куы нæ уадзæм, Алтег та адæймаг куы у, уæд æй куыд бауадзæм сæфын? Адæймаг нæм æппæты хуыздæр хæзнайыл нымад куы у, æмæ уый куы нæ бахъахъхъæнæм, уæд ма нæ иннæ хæзнатæ цæмæн хъæуынц! Хасмел сыстадис, бацыд йæ бынатмæ æмæ стъолы цур слæууыд, йæ дзыппыты йæ къухтæ нытътъыста, афтæмæй. — Фервæзын кæнæм Алтеджы! — Гъо, æмæ йæ куыд фервæзын кæнæм? Хъусгæ нæм куы нæ кæны? — загъта Даут. — Æз та сымах фæрсын: куыд æй фервæзын кæнæм? Сымах йæ хæлæрттæ стут æмæ хъуамæ хуыздæр зонат, цы йын чындæуа, уый. Мæн нæ уырны — æнæхъæн фæскомцæдисон организаци, æмбæлттæ, — куыд нæ сраст кæндзысты уыдон иу адæймаджы? Куыд уæм кæсы? — Ахъуыды ма йыл кæндзыстæм, — загъта Данел. — Ды дæр зымæгон уæтæртæм цæуыс, Даут? — Цæуын. — Æмæ Алтеджы цæуылпæ акæныс демæ? Не ’сразы уыдзæн? Уæдæ ма йемæ баныхас кæнут, йæ хæлæрттæ стут æмæ уæм байхъусдзæн. 120
Данел æмæ Даут зæрдæ бавæрдтой Хасмелæн Алтегимæ æмгæрттау баныхас кæныны тыххæй. Æмæ йæм абои сихорафон уыциу цыд ракодтой райкомæй, фæлæ йæ хæдзары нæ баййæфтой æмæ та ныр изæрæй фæзындысты. Сбадын сæ кодта Алтег. Хонæг нæ уыдысты, уый бæрæг уыд, фæлæ цы зæгъдзысты, уымæ æнхъæлмæ каст. — Куыд у Дофка? — бафарста Даут. — Знон дæр æмæ йæ абон дæр рафыссинаг уыдысты, фæлæ ма йæ Зæлинæ уромы. йæхи дæр тынг фæнды... — Уый хорз нæу. Æндæр нæм Даутимæ ахæм хъуыды æрцыдис æмæ зымæгон хизæнтæм куы ацыдаис, — загъта Данел. Дисгæнæджы каст æм бакодта Алтег. — Афтæ, афтæ. Ахæм хъуыды нæм æрцыд, — фæцырд Даут дæр. — Нæ зымæг уым диссаджы хорз арвитиккам. Æз дæр цæуын. — Ома, лæг сæфы æмæ йæ исчердæм фæкæнæм, зæгъгæ, сфæнд кодтат, мæ хæлæрттæ, нæ? — мæсты каст сæм бакодта Алтег. — Гъеныр демæ ныхасгæнæн ис? — сбустæ йыл кодта Даут. — Уæллæй, цыхуызæн сдæ фæстаг рæстæг, уымæи базонæн дæр нал ис. Æмæ дæу æдде кæнæм, зæгъгæ, уæд Дауты та цæмæн æдде кæнæм? — Хынджылæг кæнут, æндæр Дауты фæскомцæдисы секретары куыстæй суæгьд кæндзысты æмæ йæ фиййау арвитдзысты? — Мæхи фæнды. Ницыуал загъта Алтег. Æрмæст, зæхмæ кæсгæйæ, арф ныуулæфыд, æвæццæгæн, бамбæрста, йæ хæлар ын раст кæй дзуры, уый. Сонт стад фæкодта йæ бынатæй. Йæ мад рынчындонæй куы рацæуа, уæд уый разы цæрæн нал ис, йæхи æфсæрмæй батайын кæндзæн, æмæ йæ уæддæр искæдæм цæуын хъæуы, зæгъгæ, та æрбатыхст, фæлæ зæгъгæ ницы кодта, афтæмæй фæстæмæ æрбадтис. — Нæ, фиййау нæ ацæудзынæн... Мæ хорз уæ кæй фæнды, уый зонын, фæлæ мын ныртæккæ фиййау ацæ121'
уыны фадат нæй. Мæ иуььæг мад... — йæ ныхас фæкъуыхцы Алтегæн, фæлæ хæлæрттæ бамбæрстой, семæ разы кæй у, æрмæст ма йæ цыма цыдæр хъыгдары, æмæ Данел загъта: — Ахъуыды ма кæн. Æвзæрæн дæ нæ равзæрстам (Алтег уазал мидбылхудт бакодта). Мах зымæгон уæтæртæм ахæм фæсивæд æрвитæм, æмæ сæ куыст ин-, нæтæн дæр фæзминаг куыд уа. Дæумæ дæр ахæм хъару разындзæп. Дæхи фæрæвдз кæн. Иннæбон фыстæ æлвынынмæ бавналдзыстæм. — Нæ, нанайы цалынмæ æрбæстон кæнон, уæдмæ мын ацæуæн нæй. Абон дæр æй рафыссынмæ хъавыдысты. Уæуу, мæнæ мыл мæрдырох куыд бахæцыдис! Изæры ма-иу æй абæрæг кæн, зæгъгæ, куы загътой, — æмæ йæ сахатмæ æркастис, — цои, кæд аст сахаты у, уæддæр ма йæ абæрæг кæнон... — Кæд æй ныронг нæ рафыстой, уæд дохтыртæ уым нал уыдзысты æмæ ма йæ чи рафысдзæн? Дуар байгом æмæ, цыма йæ исчи ныртæккæ барæй æрбакодта, уыйау æрбахызт Дофка. — Дзыцца! — цавæрдæр тарсты æмæ дисы хъæр фæкодта Алтег. Йæ къухтæ ныппака сты æмæ ныронг иокуы иу хатт йедтæмæ фезмæлын чи нæ куымдта, уыцы цæссыгтæ йæ рустыл ферттывтой. — Цы кæныс, мæ хъæбул? Æгас дын куы дæн, кæугæ мыл цæмæн кæныс? — афтæ дзургæйæ, Дофка бацыдис йæ фыртмæ æмæ йæ куы æрбахъæбыс кодта, уæд ыл Алтег дæр ныттыхстис. — Ма ку, мæ хъæбул, де ’мгæрттæй худинаг у, — сдзырдта Дофка æмæ раздæхтис Данелитæм æгасцуай зæгъынмæ. Зæрдиагæй йыл бацин кодтой уыдон дæр. — Æнæниз æмæ æнæфыдбылыз у, Дофка. — Бузныг, дæ фæхъхъау фæуон. Рынчындоны мын цы æгъдæуттæ фæкодтат, уыдон бирæйы аргъ сты. — Цæй æгъдæуттæ... — Дзыцца, уæдæ мæн цæмæн асайдтой, абон дæ нæ рафысдзыстæм, зæгъгæ? Иунæгæй цæмæн фæцыдтæ? — Нæма мæ уагътой, фæл’æ мæхæдæг ныллæууыдтæн æмæ мæ рафыстой. Иунæгæй не ’рцыдтæн. Йæ 122
амонд бирæ уæд, Зæлинæ мæ фыццаг сæхимæ æрхæццæ кодта. Уым нана æмæ Залханимæ абадтыстæм... Дзибусы каис дæр уыдонмæ уыдис. Стæй суанг нæхимæ дæр мемæ рацыд Зæлинæ... — Куыд у ныртæккæ дæ цæф, Дофка? — бафарста Данел, Алтег та стъæлфгæ фæкодта. — Дзæбæх дæн, цалдæр боны ма мæ дзæгьæлы фæдардтой рынчындоны. Ам та хæдзар... — йе ’нкъард цæстæнгас ахаста æнæфснайд уатыл. Йæ зæрдæ бамæгуыр, фæлæ хинымæры загъта: «Ницы кæны. Бафснæйдтытæ сæ кæндзынæн æмæ чындзы кой - кæнын хъæуы лæппуйæн, кæд йæ æнæуаг митæй фервæзид». — Дзæбæх кæй дæ æмæ дæ хæдзармæ æнæнизæй кæй æрыздæхтæ, уый тынг хорз у, — загъта Даут. — Алтег немæ зымæгон уæтæртæм цæуынвæнд скодта (Алтег æй куыд нæ фена, афтæ йæ цæст фæныкъуылдта Данелмæ), æмæ ма мах дæ мæт кодтам, хæдзар кæмæн ныууадздзæн, зæгъгæ. «Гæды зæгъыс! Æз никуыдæм цæуын», — ныхъхъæр кæнынмæ хъавыдис Алтег, фæлæ йæхи баурæдта. — Æмæ цы кæны? — загъта мад. — йе ’мгæрттимæ куы ацæуа æмæ исты куы бакуса, уæд æвзæр нæ уыдзæн. Ахæм уынаффæ скодта фыццаг хатт Дофка йæ фыртæн, æмæ Алтегмæ уый диссаг фæкаст, фæлæ уæлдай ницыуал загъта. 11 Сæргуыбырæй, æнцадгай фысты фæдыл цæуы Алтег. Ахæм бæрæгбоны дарæс ыл ис æмæ фыстæм афтæ хæстæг куы нæ уаид, йæ къухы дыууæ фæтæнгом æлвынæн хæсгарды кæрæдзиуыл бастæй куы нæ хæссид, уæд ничи базонид, фиййæуттимæ кæй ис абон, уый. Цæуы сындæггай, дзуг хизгæйæ куыд цæуы, афтæ. Кæсы йæ къæхты бынмæ æмæ хъуыдытæ кæны. «Ау, уый Зæлинæйы фæстаг дзуапп уыдаид? Кæнæ Дæгкайы ныхас та? Уый мын бынтон асаста мæ ныфс... Уæдæ цы чындæуа? — судзы Алтеджы зæрдæ. — Горæты, МТС-ты кусджыты цавæрдæр æмбырды ис Дæгка æмæ цалынмæ хизæнтæм нæма ацыдтæн, уæдмæ куы 123
æрыздæхид, уæд ма иу хатт баныхас кæнин йемæ... Фæлæ дзы нывыл дзуапп куы нæ уа, уæддæр...» Уæд цы бакæндзæн, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Дзуджы иннæ кæрон цæуы Даут; уый дæр тагъд, миййаг, нæ кæны, фæлæ у хъæлдзæг. Фæхъæр кæны фосыл, æхситтæй баэары, стæй йын æцæгæй зарынмæ рахизы: Фиййау куы уыди, Уæд-иу хуыссыди Тæдзгæ ыскъæты; Мит-иу куы уарыд, Уæд-иу ныззарыд Къæдзæх-лæгæты... — Гъей, дæ уæрцц аирвæзтис, æви зæхмæ цы ныджджих дæ? — цалдæр хатты æрбахъæр кодта Даут Алтегмæ. — Дæ разы фос нартхормæ фæцæуынц. — Нартхор тонинаг куы у, цы ма йын кæндзысты? — дзуапп лæвæрдта зæрдиагхуызæй Алтег. — Фæлдæхт уæддæр нæ цæуы? Æмæ та комбайнертæ тухи кæндзысты. Æрмæст-иу ныхас кæнгæйæ систа йæ сæр хæрдмæ Алтег, æрмæст-иу уæд афæлгæсыд фæйнæрдæм. Сæ разæй дæр, сæ фæстæ дæр фосы дзугтæ хизгæ цыдысты. Иуварсырдæм фæкаст, æмæ æцæг, сæ дзуджы иу хай нартхормæ баирзæзти. Фыстæ фездæхта, фæлæ хуымæй рацæуыныл нæ батагъд кодта. Арвмæ фæцыдысты нартхæрттæ. Алы хъæдыл дæр дзы дыууæ-æртæ æфсирæй къаддæр нæй. Æмæ уымæй се ’ппæт дæр — æлмæринтæ. Уæлæмæ сæм кæсы Алтег, кæд бæрзонд лæппуйыл нымад у, уæддæр. «Цы бакæндзæн ахæм нартхор æртонынæн комбайн дæр?» — хъуыды кодта Алтег, æмæ цæмæндæр Данел йæ зæрдыл æрбалæууыд. Афонмæ та бæрджытæ кæны, йæ. комбайн рæвдз у нартхор тонынмæ æви нæ, уый. Мæнæугæрдæн, кæнæ нартхортонæн куы æрбахæстæг вæййы, уæд æнцой нал фæзоны. Иæ комбайны алыварс рабыр-бабыр кæнын байдайы æмæ кæцы къусчы, гъе кæцы хуынчъы нæ басгары, ахæм нал баззайы. Фыстæ ахæм зиан не ’скодтой, фæлæ уæддæр нарт124
хæрттæй иу-цалдæр афæлдæхтис. Уæвгæ, ахæм уæззау сты æмæ сæ чысыл бакъуыр, æндæр сæхи уæзæй дæр афæлдæхдзысты- Æмæ уæд зын кусæн уыдзæн Данелæн. Мæнæуы хæтæлты хизгæйæ, фос схæццæ сты электрон æлвынæнтæм. Дзибусæн лæвæрд сты, цалынмæ Ленины колхоз сæ дзугтæ æлвыд фæуа, уæдмæ, æмæ æввахс æндæр никæй фос зындис. Электрон æлвынæнтæ хорз сты, фæлæ фиййæуттæн се ’ппæты фаг нæй хæсгæрдтæ. Æмæ Дзибус суынаффæ кодта: электрон æлвынæн кæмæ не ’рхауди, уыдон та уал дзæгъæл бадты бæсты æлвынæнт æнæуи хæсгæрдтæй, зæгъгæ. Уæд фос æлвыд тагъддæр фæуыдзысты. Æмæ сын семæ рахæссыи кодта хæсгæрдтæ. Алтегæн электрон æлвынæн лæвæрдтой, фæлæ йæ нæ бакуымдта. Æз æнæуи хæсгардæй хуыздæр сарæхсдзынæн, зæгъгæ, загъта. Цæмæндæр дзы тас кæй уагъта, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, не ’схъæр кодта. Кусын бæргæ рæвдз райдыдта, къабазджын лæппу у æмæ-иу цыфæнды стыр фысы дæр уайтагъд йæ быны акодта, стæй-иу ын цæстыфæньгкъуылдмæ абаста йæ къæхтæ. Фæлæ æлвынын афтæ æнцон нæ уыд. Цъыкк æмæ’та-иу фысы фарс, æлвыд хъуыны бын тугæй сырх чъепсæй аззадис. Фыс-иу йæ гæндзæхтæ цагъта, хатыргурæджы каст-иу скодта Алтегмæ. Тæригъæд ын куыд нæ кодта, фæлæ æнæ æлвынгæ нæ уыдис, æлвынынмæ та куыд æмбæлы, афтæ нæ арæхстис. Цалдæр хатты йæм Дзибус йæхæдæг дæр фæкастис, амыдта йын, хæсгард куыд дарын хъæуы, куыд æй æлхъивын хъæуы, уыдæттæ. Дзибус-иу цæрдæг чъепп кæнын райдыдта, æмæ урс-урсид фæлмæн хъуыны тъыфылтæ фысы фарсыл дæлæмæ фæлдæхгæ цыдысты. Сæ фæстæ та-иу аззадис бындзыдæй æмбæрзт сырхбын урс ’буар æмæ йыл лыджы нæ, фæлæ æлхысчъы фæд дæр никуы зындис. — Нæй... Ныууадзут мæ, уæ хорзæхæй. Мæнæй фиййау дæр нæ рауайдзæн æмæ фысæлвынæг дæр, — загъта Алтег, Дзибус æм йæ хæсгард фæстæмæ куы лæвæрдта, уæд. Уый кусын кæй нæ фæнды, ахæм адæймаджы мæнг ныхас нæ уыдис. Уый уыдис, æцæг кусын 125
кæй фæнды, фæлæ чи нæ фæцахуыр, ахæм зæрдæсаст лæджы тыхст ныхас. — Ницы кæны. Алы куыстыл дæр ацахуыр хъæуы æмæ иучысыл куы акусай, уæд сарæхсдзынæ, — загъта Дзибус æмæ йын хæлары цæф æркодта йе ’уæхск, стæй йæ машинæмæ ацыд. Бирæ хъуыддæгтæ ис сæрдары. Маргъдарæн мал, электростанцæйы арæзтад, хоры быдыртæ... Æмæ хъуамæ алы куыст дæр йæхæдæг фена, ауынаффæ кæна цæугæ-цæуыны колхозонтимæ, байхъуса сын сæ фæндтæм, исты сын ацамона. Дзибус куы араст ис, уæд Алтег, йæ уæрагæй бырст фысыл æнцойгæнпæйæ, йæ фæдыл кæсгæйæ баззад: цæуылнæ бакуымдтаид ахæм лæппуйæн Валя дæр... — Фыццаг хатт федтай Дзибусы, йæ фæдыл кæсгæ куы баззадтæ. Февнал рæвдздæр æмæ фæуæм нæ куыст, — загъта Даут. Фæрсмæ йæм бакаст Алтег,— мæстæй йæ мары æви цы зæгъинаг у? — Мæнæ, зæгъын, ды колхозы сæрдар куы суай æмæ Дзибусау машинæйы куы бадай, уæд ма мæн искуы æрымысдзынæ æви нæ, ууыл ахъуыды кодтон, — сдзырдта æрæджиау, æмæ та йæ зонгуытыл æрбадтис фысы цур. — Тагъд алы колхозонмæ дæр йæхимæ машинæ уыдзæн, æмæ ма дæ уæд искæйы «Победæйы» къуымы бадын цæмæн хъæудзæн. Дæхи машинæйы абад æмæ... — Æмæ дæ разы фысæлвынæн машинæтимæ куы нæ арæхсут, уæд «Победæ» тæрынмæ куыд сарæхсдзыстут, — хъазгæйæ сæм сдзырдта Данел, уый сæ размæ æрбацыд. Йæ ныхас цыма Алтеджы иннæрдæм ахызтис. Хæсгард зæххыл ныццавта, фысы бастæй фæуагъта æмæ загъта. — Хорз, афтæ фæуæд. Æз хæсгардимæ дæр нæ арæхсын... ницæмæ арæхсын æппындæр, æмæ цæуын ардыгæй. — Йæ хидæйдзаг къухтæ фысы хъуынтæй асыгъдæг кодта, æмæ араст хъæуырдæм. — Æрра сдæ! — Йæ размæ æрлæууыдис Даут. — Сымах дæсны стут æмæ фыстæ æлвынут, æз та... 126
— Алтег, цы кæныс уый? — бафарста йæ Данел æмæ йын комкоммæ йæ цæстытæм ныккаст. Алтег æрфæлмæндæр. — Сымах зонут... Ды комбайнер дæ, уæддæр æцæг фиййауау арæхсыс фыстæ æлвынынмæ дæр æмæ кусут. Фæлæ æз чысылдæр хæсгарды комæй фысы куы фæцагайын, уæд цы тæригъæддаг æмæ лæгъстæйаджы каст окæны, уый сымах нæ фенут. Уымæн æмæ йæ нæ агайут, фæлæ æз та... Нæу. Мæнæн мæ бон нæу! «Адæмы æвзæрдæр куы дæн, æппын куы ницæмæ арæхсын, уæд цы чындæуа?» — загъта йæхинымæр æмæ хъæумæ рацыд. Хъæуы дæр йæхи цы фæкодтаид, уый нæ зыдта æмæ уынгты зылдис, дзæгъæлгастгæнгæйæ. Хъуыддаг куыд рауад, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, афтæмæй сæфтыдис рынчындонмæ. Иу палатæйы рудзынджы ауыдта Зæлинæйы. Йæ къух æм фæтылдта æнæрхъуыдыйæ æмæ чызг урс халаты æмæ худы кæртмæ рацыд. Æнæуи дæр рæсугъд уыдис Зæлинæ, фæлæ ныртæккæ зæрæхсиды тынтæм ноджы сугъддæрæй зындис уыцы дарæсы. — Бахатыр кæн, Зæлинæ, мæ уарзондзинады кой æмæ дæ мæ уæлдай ныхæстæй сфæлмæцын кодтон. Ныр базыдтон, мæхæдæг чи дæн æмæ ды чи дæ, уый... Æмæ ма ноджы зонын, дæу аккаг кæй нæ дæн, уый дæр. Хатыр мын бакæн... Цыдæриддæр дыи æдылы ныхасæй загътон, уыдон ферох кæн... Фæтæригъæд ын кодта Зæлинæ. — Цæмæн ныххæцыдтæ ахæм уæззау хъуыдытыл? — сабыр æмæ йæ куыддæр рæвдауæгау бафарста чызг. — Афтæ рауад мæ хъуыддаг... Хатыр дæ курын... Дæ фыдмæ дæр карз ныхæстæ сдзырдтон æмæ уымæ дæр хатыргурæг цæуын! — Папæ райсомæй горæтмæ аивгъуыдта. Алтег фенкъарддæр æмæ загъта: — Куы æрцæуа, уæд дзы ракурдзынæн хатыр. Хорз уал байрйай, — кулдуармæ аздæхт æмæ сындæггай рацыд. Зæлинæ йæ фæдыл æнкъардæй кастис. Алтег та цыдис æмæ хъуыды кодта: «Нæ, æнæ Зæлинæ мын цард нæй... Зæлинæ куы нæ уа, уæд ма кæй тыххæй 127
цæрдзынæн? Зымæгон хизæнтæм куы ацæуон, уæд цы фæуыдзæн? Чи зоны æмæ ме ’сыздæхынмæ мой дæр скæна...» 12 Æризæр. Алтег бахæццæ сæ хæдзармæ. Сарайы, пецы раз зилæнтæ кæнгæйæ, баййæфта Дофкайы. Мад кастрюлкæйы цыдæр фыхта. Зæххы — карчы ног тынд бумбулитæ. — Кæм уыдтæ абондæргъы, дæ фæхъхъау фæуон, уазджытæ дæм æнхъæлмæ куы кæсынц, — загъта мад. — Цавæр уазджытæ сты? — Æз та сын цы зонын. Суццайæ, дам, цыдæр хабæрттæ æрхастам... — Æмæ кæм ис уыцы... — Алтег фæцæйæлгъыста «йе ’рдхорды», фæлæ йæхи фæурæдта æмæ фæлмæндæр ныхас ссардта: — Кæм ис уыцы хуыцауы налат та? Ахæстонæй рацыдис? — Цы сын зонын æз та?.. Сæ иу, æнхъæлдæн, æмæ йемæ уыдис нæ хæдзары. — Æмæ ма мæм цы ныстуантæ кæны? Мæ хæлæртты хуыздæры мын кæй мардта, уый йын æгъгъæд нæу?! — Ацу сæм, ацу, мæ бон, уæддæр та уазджытæ сты æмæ худинаг у. Алтег бакодта, уазджытæ кæм бадтысты, уыцы уаты дуар æмæ мидæмæ бахызтис. Уыдон стъолы уæлхъус бадтысты æмæ йын цырд фестадысты. Сæ иу — бæрзæндтæ æмæ уæйгуытæарæзт, йæ уæлæ кепкæ, телогрейкæ æмæ æрттиваг цырыхъхъытæ. Иннæ — Суццайæн йæхи хуызæн — гыццылтæ æмæ цырд. — Алтег, де ’зæр хорз уæд, мах та дæ абондæргъы агургæ кæнæм, — загъта «стырдæр» уазæг æмæ йæ фысым уайтагъддæр базыдта йæ фæсусгомау бæзджын хъæлæсæй. Уый уыдис Суццайы хæлар Захар, базонгæ йемæ, ресторанты æмбæлгæйæ. Хъæлдзæг æмæ «ирон æгъдау» уарзаг лæппу у. Бацин сыл кодта Алтег. Сбадын сæ кодта æмæ йæхæдæг дæр диваны кæрон æрбадтис. Фыццаг фæрстытæ æмæ ныхæсты фæстæ Захар коммæ загъта: — Махæн нæ кæрæдзи бабæрæг кæнын хæс у. Ау, 128
æмгæрттæ нал стæм! Фæлæ ма нæ уæ хъæуы цыдæр хъуыддæгтæ дæр ис... Суццайы фыд мæм сæрмагондæй иу хъуыддаджы фæдыл ссыдис æмæ уый дæуæй аразгæ у... — Зæгъут æй, æмæ кæд мæнæй аразгæ уа, уæд хъуыддаг æз дæр нæ фехалдзынæн. — Цæвиттон, уыцы мæгуыр Суцца йæ тæвд тугæй, ома нозтджынæй фæрæдыд æмæ йын стæрхон кодтой. Фæлæ йæ фыд Адылбийы та афтæ фæнды, æмæ ирон фидыд куы бакæниккой Данелы хæдзаримæ. Уыцы хъуыддаджы та дæуæй тынгдæр ничи феххуыс кæндзæнис æмæ сæ бафидауын кæнæм, цалынмæ тæрхон уæлдæр хицауад нæма сфидар кодтой, уæдмæ. Кæд йæ азтæй дæр иучысыл ахауид. Дæуæй та йын хæлардæр нæй. Захар хин тъæпп бакодта Алтеджы фарс. Алтег иуцасдæр ахъуыды кодта æмæ загъта: — Фендзыстæм... Æз райсом-иннæбон зымæгон хизæнуæттæм цæуын æмæ мæ къухы куы ницыуал бафта... — Фиййæуттимæ цæуыс? — бадис кодта Захар. — 0. Фиййæуттимæ цæуын. — Æмæ хуыздæр куыст не’ссардтай? Уыцы ныхас Алтеджы зæрдæйы хъæдгом фæцагайдта, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ сабырæй загъта: — Æмæ фиййауы куыст цы кæны? — Цæй, бахатыр кæн, уый дæхи хъуыддаг у. Фæлæ дын Суццайы хъуыддаджы æнæ бацæугæ нæй. — Цалынмæ йын тæрхон нæма скодтой, уæдмæ дæр Адылбийы фæндыд бафидауын, æмæ бацыдтæн се ’хсæн, фæлæ цы дзуапп радта Данел, уый уæхæдæг зонут. Тæрхондоны бар, дам, æй бауадзут æмæ уый цы бауынаффа кæна, ууыл разы дæн. — Уæд Суццайæн тæрхонгонд нæма уыдис. Фæлæ ныр хъуыддаг бынтон æндæр у. Тæрхондоны уынаффæйыл разы у мæгуыр Адылби дæр, фæлæ Данелы мыггагимæ хæларæй фæцардис æмæ хæларæй куы цæриккой дарддæр дæр, уый йæ фæнды. Уазджытæн æгасцуай цæмæй зæгъа, уый разындзæн зæрондмæ æмæ йын йæ зæрдæ мауал риссын кæнæм. Мах дæр дзы фæйнæ... уæвгæ фиййау куы цæуыс... 9 Адам адæм сты 129
— Цæмæй уын баххуыс кæнон, нæ зонын. Иннæ уазæг ныронг æнцад бадтис æмæ, æвæццæгæн, тыхсгæ дæр кодта, минæвар уæвгæйæ, иу ныхас дæр кæй нæма загъта, уый тыххæй, æмæ иыр загъта: — Данел, дам, дæ хæлар у, æмæ ма фæзивæг кæн, базон, Адылбийы минæвæртты фидыды æгъдауыл æрбауадзинаг у æви нæ? Дæхицæй та йын зæгъ, куыд сразы уа минæвæрттыл дæр æмæ фидауыныл дæр, афтæ. — Йарæбын, нæ хæларæн куы феххуыс кæниккам, уæд нæ цæсгæмттæ сыгъдæг уаиккой... — Уæртæ лæппу, æддæмæ ма ракæс,— æрбайхъуыст Дофкайы ныхас. — Бахатыр кæнут, мæ мад мæм дзуры,— загъта Алтег æмæ æддæмæ рацыд. Чысыл фæстæдæр æрбахаста рагон тымбыл фыиг. Цæмæндæр æй бирæ уарзта Алтег æмæ йæ, хицæй æппæлæгау, æдзухдæр æвæрдта алы уазæгæн дæр. Фынгыл стыр тæбæгъы — дзаджджын уæлибæхтæ, авджын тæбæгъы та — карчы лывзæ. Уазджытæ сæ бынæттæй сыстадысты, æмæ сæ бандæттæй иуварс алæууыдысты. Алтег фынг æрæвæрдта уаты бæрæг астæу, æртæ бандоны йын æрæвæрдта йæ цуры æмæ загъта уазджытæн: — Бадгæ1 скæнут, уæ хорзæхæй. Уыцы сахат къæсæрыл æрбахызт Дофка. Йæ къухты — стыр графины дзаг арахъхъ æмæ æртæ агуывзæйы. Графин радта Алтегмæ, агуывзæтæ фынгыл æрæвæрдта æмæ загъта: — Уæхи хорз фенут, лæппутæ, цы нæм æрæййæфтат, уыцы къæбæрæй. — Цæмæн афтæ зæгъыс, Дофка. Нæртон фынг нын куы сарæзтай æмæ уый аккаг куы нæ стæм... — Абадут, уæ фæхъхъау фæуон... Хæдзар æмæ уаты æхсæн цы фанер дуар уыдис, уымæй ныхас хорз хъуыст. Æмæ лæппуты ныхæстæм хъуса, уый тыххæй нæ, фæлæ хæдзлры уарзта бадын æмæ кусын зæронд ус æмæ та ныр дæр уым бады йæ ныллæг æртæкъахыг бандопыл, йæ мигæнинаг йæ къухы, афтæмæй. 130
Лæппутæн сæ ныхас сабыр æмæ дзæбæх цыдис. Фæлæ нозт сæ сæры куыд цыд, афтæ кæрæдзи ныхас исыи райдыдтой æмæ сæ уынæр гуыв-гуывгæнæгау Дофкамæ райхъуысти. — Хуыцауы тыххæй, уæд дæ уыцы хъуыддагæй та куыд нæ фæрсын? Суцца-иу Зæлипæйы рæсугъды кой йедтæмæ куы ницы кодта, цыма фидыд стут, афтæ куы дзырдта, уæд кæм ис ныртæккæ?—загьта Захар. — Ам ис... — Æмæ йæ уæд цæуыннæ æрчындз кæнæм! Мæ мард фен, æппындæр дæ тыхсын пицæмæй бауадздзыстæм... Уæвгæ дæ уат арæзт у, цы хъыгдарæг ма дæ ис?... — Кæд дзы мæ сæр бахъæуа, уæд æз дæр мæхи нæ аласдзынæн фæсвæдмæ, — фехъуыст кæстæр уазæджы лыстæг хъæлæс дæр. — Сымах куыд хъуыды кæнут, афтæ нæу хъуыддаг. — Уæдæ ма цæмæ у каст? Йæ хабæрттæ куыд радзырдтаид, уый нæ зыдта Алтег, æмæ æфсонæн загьта: — Йæ фыды зæрдæмæ нæ фæцыдтæн æмæ нæ разы кæны... — Чызг дæ йæхæдæг уарзы, разы у æви нæ? — Разы та куыд нæ у, рагæй куы æмбарæм кæрæдзи. — Уæдæ мах фыды нал бафæрсдзыстæм æмæ дын æй дæ тæккæ хæдзары æрбалæууын кæндзыстæм. Нæ машинæ «Победæ» кæнæ «Волгæ» нæу, фæлæ уыдонæй æвзæрдæр ницæмæй у. — Уæдæ тæккæ ахсæв кæнæм хъуыддаг, — загъта кæстæр уазæг. — Куыд кæнæм хъуыддаг, гъе фидыд куы нæ стæм, гъе цæттæ, уæд? — стыхсти Алтег. — Уыдон иууылдæр ахсæв сараздзыстæм... Ахсæв æм бацæудзыстæм æмæ йæ афардæг кæндзыстæм... — ныллæууыд Захар. — Кæд ын йæ булкъон фыдæй тæрсыс, уæд дын горæты ахæм бынат ссардзыстæм, æмæ цалынмæ фидыды дзуапп радта, уæдмæ дæ милицæ нæ, фæлæ æппæт уæларвон æфсад куы æрцæуой Еляйæн йæхиимæ, 131
уæддæр дæ не ’ссардзысты, — цымыдис æмæ хиппæлæгау тагъд-тагъд ралæхурдта кæстæр уазæг. — Скъæфгæ, зæгъут? — бафарста цыдæр знæтхуызæй Алтег. — Цæй скъæфт у, кæд чызгæн йæхи фæнды, уæд? Искуы уын ЗАГС-ы уæ къух авæрын кæндзыстæм æмæ уæд йæ фыд дæр фидауыныл сразы уыдзæн. Зæлинæ йын йæхæдæг разыйы дзуапп кæй нæма радта, уый схъæр кæнын йæ сæрмæ нал æрхаста Алтег, фæлæ ма иучысыл ахъуыды кодта. Нозтджын лæппу уазджыты фæндонырдæм зилын райдыдта... Æнæ Зæлинæ йын цæрæн нæй. Фæлæ нæ... Зæлинæ, скъæфгæ кæй акæнай, ахæм чызг нæу... Стæй йæхи скъæфын дæр нæ бауадздзæн... Фæлæ... Зымæгон уæтæртæм куы ацæуа, уæд, миййаг, мой куы скæна... Нæ, цы кæны, уый ныртæккæ, уæтæртæм ацæуыны агъоммæ... Ноджы хъуыддаг хорз цæуы — Дæгка горæтмæ ацыдис, зæгъгæ, загъта Зæлинæ æмæ сылгоймæгтæ иунæг уыдзысты. «Ау, бирæ йæ куы уарзын, уæд куыд нæ бамбардзæн, цыдæриддæр бакæнон, уый мæ уарзондзинады сæраппонд кæй кæнын, уый æмæ мын куыд нæ ныххатыр кæндзæн?! Ныххатыр кæндзæн», — йæхинымæры ахъуыды кодта Алтег, æмæ хъæрæй загъта: — Скъæфгæ йæ акæнæм, эæгъут, уæдæ? — Скъæфгæ, æмæ уымæй дæр ныртæккæ. Æмæ ма уæд, фæндараст цæмæй уæм, уый тыххæй фæйнæ ануазæм æмæ — фæстиат нал, — къæр-къæр кодта кæстæр уазæг. Æвæццæгæн æй нозт бынтондæр йæ быны скодта. — Нырма раджы у, чысыл ма нæ афæстиат хъæуы, — скарста Захар, — фæлæ ма фæйнæ ануазæм. Уымæй раст дæ!.. — Кæд скъæфгæ, уæд скъæфгæ! — загьта Алтег. Дофкамæ райхъуыстис, графинæй арахъхъ агуывзæтæм куыд уадис, уый хæл-хæл., Ног сагъæс æмæ та ног катай бацыдис мады зæрдæйы, рæдыд фæндагыл та куы акæна йæ фырты нозт. Кæцæй сæм фæзындысты ацы лæппутæ, фыдвæндæгтыл макуы фæцæуой, цæмæн æй сæрра кодтой? Комкоммæ фыдбылызмæ фæцæуы. Æмæ йæ куыд баурома!? Нозтджынæй йын йæхимæ нæ байхъусдзæн. 132
Хицæуттæн æй фехъусын кæнид æмæ йæ куы бафхæрой. Нанайæн фехъусын кæнид, æмæ уый та куыд? Мад йæ фыртыл комдзог рацæуа, уый иратаманы дæр куы никуы уыдис. Цы кæна уæдæ? Кæс-ма, Данел дзы куыд æрбайрох ис. Лæппу цыфæнды нозтджын æмæ æрра куы вæййы, уæддæр æй уый басабыр кæны. Уый йедтæмæ никæмæ фæхъусы. Дофка йæ мигæнинаг иуварс аппæрста æмæ згьорæгау уынгмæ ацыдис. Йæ зæрдæ йын æрмæстдæр иу хъуыды агайдта — сæхимæ куы нæ разына Данел. Р1æ амондæн Данел сæхимæ разынд. Бинонтæ кæрты æмбырдæй бадтысты æмæ ныхас кодтой. Бахæлæг сæм кодта зæронд ус. Немæ иучысыл абад, зæгъгæ, дзырдтой, фæлæ сын раарфæ кодта æмæ Данелмæ уынгм1æ расидтис. — Цы кодтай, Дофка, цы æрцыдис? — афарста Данел, сылгоймаг тынг æнæнцойхуыз кæй у, уый бафиппайгæйæ. — Дæ фæхъхъау фæуон, Данел, уыцы лæппу та, йæ сæр кæм фесæфдзæн, ахæм ранмæ цæуы æмæ йæ фервæзын кæн... Дæуæй тынгдæр никæмæ хъусы, — дзырдта Дофка, тыхулæфт кæнгæйæ, æмæ йын радзырдта хабæрттæ иууылдæр. — Ууыл ма тыхс, Дофка! Немæ куы абадтаис, фæлæ нæм кæд нæ лæууыс, уæд цæугæ уæхимæ æмæ дæ хæдзары куыстытæ кæн. Мах Алтеджы рæдийын нал бауадздзыстæм... — Æрмæст тагъддæр, дæ рын бахæрон, цæуынмæ хъавынц... Æмæ ноджы чызгæн йæ фыд горæты ис æмæ хъуыддæгтæ фыддæр куы рауайой. — Æппындæр мацæмæй тæрс, Дофка! — У-у, дæ фæхъхъау мæ уд æрбауа, æрмæст æй хицæуттæ куыд нæ базоной, афтæ, кæннод ын ссуд кæндзысты æмæ æнæ ныгæнæгæй баззайдзынæн, — загъта ма зæронд ус æмæ ацыдис. Данел фæндараст загъта Дофкайæн, йæхæдæг ахъуыды котда, цы кæна, ууыл. — Æз ныртæккæ фездæхдзынæн, — бадзырдта бинонтæм æмæ ацыдис. Сæхимæ нæ разынд Даут, фæлæ йæ сæ хæлæрттæй иумæ ссардта — шахмæттæй æнæмæтæй хъазыдысты. Радзырдта сын хабар. Ахæм 133
уавæры цы кæнын хъæуы, уый Данелæн йæхицæй хуыздæр чи зоны æмæ йын йæхимæ æнхъæлмæ кастысты, цы зæгьдзæн, зæгьгæ. — Æмæ сын цы акæнæм?.. Милицæмæ бадзурæм?.. — бафарста Даут æмæ ма цыдæр фæсмонхуызæй загъта:—Мах та ,йæ уæтæрмæ немæ кодтам. — Милицæмæ та цæмæ дзурæм? Милицæйæн дæр хъуамæ мах феххуыс кæнæм... фыдгæнджыты æрцахсæм, — загъта Данел æмæ сын схъæр кодта, цы фæндон æм фæзындис, уый. — Æрмæст тагъддæр, кæннод нæ разæй куы фæуой, уымæй тас у. — Нæхæдæг фаг стæм æви ма искæмæ фæдзурæм? — бафарста Даут. — Æгæр дæр ма стæм, фæлæ фылдæр куы уæм, уæд æвзæрдæр нæу. Уадз æмæ нæ горæтаг уазджытæ феной, махмæ адæм æмуæхск кæй лæууынц æмæ дзæгъæлы æфхæрын кæй никæй бауадздзысты, уый. Стæй сыл худгæ дæр фылдæрæй хъуамæ акæнæм... Нанайы кæрт уыдис сабыр, иу змæлæг дæр никæцæй зынди, рудзгуытæй рухсыцъыртт нал цыдис. Æвæццæгæн, сæ хуыссæнты æицад хуыссыдысты нана, Зæлинæ æмæ Залхан. Цæмæй зыдтой, цы фыдбылыз сæм кæсы, уый. «Æмæ кæд фыдбылызæй тас нал у, кæд чызгскъæфджытæн сæ нозт ссыд æмæ сæ æбуалгъ фæнд аивтой, кæнæ та сæ æндæр исты бахъыгдардта? Гъе та сын кæд Дофка сæ хъазæн ныхас нæ бамбæрста? Ау, уæдæ куыд æрæгмæ зынынц?» — афтæ хъуыдытæ кодта Данел, дуары тарвазыл йæхи банцойгæнгæйæ. Уалынмæ дæллозæй, хæдзæртты сæрты фæзынд фарæты рухс. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ машинæ йæхæдæг дæр фæзынд. Æхсæвы тары зын равзарæн уыд, цыхуызæн машинæ у, уый. Фæлæ йæ фарæты рухс коммæ нанайы хæдзармæ кæй сарæзта, уымæй æнцон базонæн уыд, скъæфджытæ кæй сты. Машинæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Данел цыдæр сдзырдта æмæ фæсивæд уынджы æрбамбырд сты æмæ æнæнцой тæлфт кодтой. Р1æхæдæг йæ худ фелвæста 134
æмæ йæ шофырмæ, бауром тагъддæр, зæгъгæ, фæтылдта. Шофыр фæурæдта, æмæ йæ уæд афарста тарстхуызæй. — Кæй у ацы машинæ? — Цы хабар у, Данел? Цæй тарстхуыз дæ? — кузовæй йæм æрдзырдта Алтег. — Ды дæр ам дæ, Алтег? Æмæ Зæлинæйы уарзын, зæгъгæ, куы фæдзурыс, уæд æй скъæфын цæмæн бауагътай? — Цытæ дзурыс, Данел? Цавæр скъæфты кой кæныс? — тарст хъæр фæкодта Алтег. — Ахастой йæ цавæрдæр æдзæсгæмттæ æмæ сæм мах дæр нал сарæхстыстæм. Тагъд разилут æмæ сæ аййафæм, цалынмæ чызджы нæма бафхæрдтой, уæдмæ. — Калмы хуынчъы дæр æй нæ бамбæхсдзысты, кæмдæриддæр сæ ссардзыстæм! — фæхъæр кодта Алтеджы уазджытæй иу æмæ йæ ронбастæй кард фæцъортт ласта, стæй йæ фæстæмæ атъыста, фæлæ иу ран нал лæууыд: — Тагъддæр разил æмæ сæ фæдыл цæв! — Къæнцылармæ ныххæццæ кæн ацы «уазджыты» æмæ сын горæтырдæм фæндаг бацамон, æвæстиатæй куыд адде уой, афтæ, — загьта сусæгæй Данел Даутæн, стæй Алтегмæ баздæхт. — Дæуæн семæ цæуæн нæй. Зæлинæйы уайтагъддæр ссардзысты æмæ сæ ардæм хъæуы. Æз æмæ ды бинонты æрсабыр кæнæм... Ард дæ хæдзары макуы бацыд, исты хуызы сын бауарзын кæн дæхи. — Ай-гъай. Афтæ кæнгæ у. Рахиз, Алтег, — загъта Захар дæр. Лæппутæ иууылдæр машинæйы абадтысты æмæ ацыдысты. Алтег талынджы сæ фæдыл кæсгæ баззад. — Ныр, æцæг, зæрдиагæй сфæнд кодтай Зæлинæйы скъæфын? — сабыр ныхасæй йæ бафарста Данел? Алтег æм цæхгæр фæзылд: — Чи дын ракодта уыцы мæнг хабар? — Уый мæнг хабар нæу, фæлæ ды цытæ кæныс, уыдон сты мæнг хъуыддæгтæ. Фыццаг цавæрдæр Суццаимæ сбастай дæхи. Ныр та æндæр хулигантимæ... Тыххæй Зæлинæйы скъæфынвæнд кодтай... — Хуыцауы тыххæй, кæцæй йæ зоныс? 135
— Адæмæн бирæ хъустæ ис æмæ цы нæ зонынц, ахæм нæй. — Æмæ хъусæнт, зонæнт, — мæсты кæнын райдыдта Алтег. — Уыцы куыдзæйгуырдтæ мæ разæй куы нæ фæцадаиккой, уæд æй ахастаин. Стæй мæ ныр дæр дард нæ фæцæудзæн. — Нæ йæ ахастаис æмæ йæ нæ ахæсдзынæ! — Ау, ирæттæ нал стæм? Чызг ахъихъхъытæ кæндзæн, стæй сразы уыдзæн. — Уæдæ Зæлинæйы ничи аскъæфта, уæртæ йæ уаты æнцад хуыссы æмæ ма йæ аскъæф! — Данел, хынджылæг кæныс æви? Фæливгæ мæ акодтай? — йæхи хъæбысхæстмæ цыма цæттæ кодта, афтæ хъæр систа Алтег. — О, фæливгæ, — хæрз сабырæй загъта Данел. — Цæмæн? — Цæмæй стыр фыдбылызтæй фервæзай, уый тыххæй, мæн нæ фæнды, мæ хæлар ,йæ фыр æдылыйæ йæхи бæллæхты куы ныссадзид, уый. Ницыуал дзуры Алтег. Ныхъхъус сты иннæтæ дæр. Æрæджиау ма «скъæфæг», куыддæр хъуыдыгæнæгау, кæнæ дызæрдыггæнæгау, загъта: — Нæ... Нал мын ис зымæгон уæтæртæм æпæ цæугæ. Уырдæм ахæсдзынæн мæ худинаджы хабæрттæ æмæ сæ дымгæтæ кæд æдзæрæг быдыртыл ныппырх кæниккой. — Æнкъардæй загъта, стæй фестъæлфыд. — Æмæ машинæ куы раздæха, уæд та? — Ма тæрс. Машинæйы раджы арвыстой горæтмæ, афонмæ сæхимæ дæр ма сты. Стæй сын, æвæццæгæн, бамбарын кодтой, мах хъæу кæй стæм æмæ хулигантæн ам бынат кæй нæй, уый. — Фæлтау дзы мæ сæр дæр куы фесæфтаид, Данел... Адæм райсом ме ’гады кой куы фехъусой, уæд мæ худинаг дæттæ дæр нал аласдзысты, — загъта Алтег, цыма ,йæ кæуын тыххæй уромы, ахæм æнкъард ныхасы уагæй, æмæ уырдыгмæ араст сæ хæдзармæ. 13 Дæгка æмæ Дзибус рог машинæйы цæуынц, Ленины номыл колхозон электрон станцæ кæм хъуамæ сарæзтаиккой, уыцы ранæй. Федтой донмарæн, бабипо136
ныг кодтой сæ хъуыддæгтæ, фæлæ æиæдзургæ дарынц сæхи. Тæхы машинæ. Хъæумæ сæ бирæ нал хъæуы, уæддæр сæ иу дзырд дæр нæ хауы. Дзибус равзæрста бынат хъомдæттæн, электрон дуцæнтæ кæм сæвæринаг уыд, ахæм ран. Фæлæ йын æй Дæгка тынг рафаудта. Кæд ын уый фæхъыг æмæ уымæн ницы дзуры, — хъуыды кæны Дæгка. Дзибус та цы сарæзта æмæ ма йын аразинаг цы ис, уыдæттыл сагъæс кодта. Стæй, раст зæгъгæйæ, зæрдæ уæддæр зæрдæ у, æмæ йын йæхи чысыл хъуыддæгтæ дæр æнæ кæнгæ нæй. 0, Валя бахаста фæндон æрх бацауазыны тыххæй. Æмæ ныр денджызау, кæнæ та, æппынфæстаг, стыр цады хуызæн чи фæйлауы, уыцы малмæ, быдыртыл зилгæйæ, фездæхын, чи зоны, æмæ уый тыххæй афтæ уарзы. Стæй ма... стæй ма йын чысыл тæрсгæ дæр кæны. Ног хъуыддаг у. Чи дзы кусы, уыдон истæмæ, куыд æмбæлы, афтæ куынæ сарæхсой, æмæ йыл колхозонтæ сæ къух куы ауигъой, уæд та? Адæм сæ къух цæуыл сисой, цы нæ бауарзой, уый цыфæнды пайдайаг куы уа, уæддæр йæ къæхтыл зынтæй слæудзæн. Гъе, æмæ уымæн арæх фæзыны малы цур. Цас диссаджы хæзна дзы разынд. Бæрзонд ранæй æркæс малмæ, стæй йæ алфамбылаймæ, уæд афтæ фæзыны, цыма цад кæй онг ахаста, уым зæлты мит ныууарыд, дон цъенга их ныццис æмæ æвзистау æрттивы. Лæмбынæгдæр куы æркæсай, уæд та цыма уыцы мит змæлгæ кæны, æмæ йæ дынджыр урс къуыбæрттæ ленк кæнынц, уыйау у цад. Мит не ’руарыдис, нæ, фæлæ хъазтæ, бабызтæ æмæ кæрчытæ сбирæ сты. Æвзаргæ мыггагæй сæ алы рæттæй фембырд кодтой, малы былты сын дæргъæй-дæргъмæ кæркдæттæ ауагътой æмæ ныр колхозонтæ æрвылбон машинæтæй базармæ ласынц æйчытæ. Кæнæ дзы дзидза æмæ бумбули цы цæуы, уый та?!. Разæй зынынц, арвыл чи æнцад æмæ йæ тоныны рæстæгмæ бирæ кæмæн нал уыд, уыцы нартхоры хуымтæ. Нартхортонæн ахсджиаг рæстæг у... йарæбын, МТС ,йæ куыстытæ афтæ зынаргъ кæны, æмæ колхозтæн машинæтæ сæхи къухы куы уаиккой, уæд бирæ пайдадæр уаид. Фæлæ ахæм хъуыды иу Сандыры хуызæнæн загътай, уæд дæм хъусгæ дæр нæ бакæн137
дзæн, цынæ дæ рахондзæн, иу ахæм нал баззайдзæнис æмæ уæд ныхмæ дзур! Фæлæ йæ уыцы хъуыдытæ уæддæр цух нал уадзынц. Абон Дæгкаимæ куы рацæйцыдысты, электрон хъугдуцæнтæ кæм саразынмæ хъавынц, уый уынынмæ, уæддæр ,йæ зæрды уыдис уый тыххæй аныхас кæиын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Малмæ куы бацæуой, уæд сын исты хæринаг æнæ акæнгæ нæ фæуыдзысты, æмæ йын кæд уым зæгъид йæ фæндон. — Æнхъæлдæн, æмæ мæм фæхæрам дæ, — загъта æппынфæстаг Дæгка, æмæ фæстæмæ Дзибусмæ ракаст: — Фæлæ æз цы хъуыды кодтон, æрмæст дын уый загътон æргомæй. Донмæ хæстæг у уыцы бынат, нæ дæттæ та куыд ивылаг сты, уый дæхæдæг зоныс, æмæ ахæм ран фермæ аразæн нæй. Ныллæг ран у, йæ бын та æлыг лами. Цæвиттон, ныртæккæ хус у дæлвæз, фæлæ куы ныууара æмæ бæстæ цъыф куы феста, уæд та? — Уыдæттæ иууылдæр æмбарын æмæ дæ ныхмæ куы ницы зæгъын, мæсты дæр дæм куы нæ кæнын... Афтæ мæхи хъуыдыты ацыдтæн. — Дæ цардыл та хъуыдытæ кодтаис, — æмæ мидбылты бахудтис Дæгка. — 0, мæ цардыл, — бахудтис Дзибус дæр, стæй зæрдиагдæрæй загъта: — Стæй МТС-имæ хъуыддæгтæ куыдтæ цæуынц, ууыл дæр. — Истæуыл та дæ зæрдæ худы? — Ныхас дæхимæ ма бамбар. Ды нын хорз кæй æххуыс кæныс, уый тыххæй ма Сандыр цæхæртæ дæр куы калы. Фæлæ мæм колхозты æмæ МТС-ы æхсæн хъуыддаг куыд /æвæрд у, уый куыддæр кæсы... Колхозтæн машинæтæ сæхимæ куы уаиккой, уæд цыма бирæ хуыздæр уаид, афтæ мæм кæсы. Иæ трактор, йæ комбайн, йæ хосгæрдæвæй кæд, кæм æмæ куыд спайда кæнинаг у, уый хуыздæр зонид колхоз йæхæдæг. — Колхозтæй МТС-тæ саразынмæ хъавыс? — Колхозтæй МТС-тæ нæ аразын, фæлæ машинæтæ сæхимæ куы уаиккой, уæд рæвдздæр уаид хъуыддаг. МТС-тæ аразын æнæмæнг хъуыди, колхозæн иу бæх балхæнын дæр йæ бон куы нæма уыдис, уæд... МТС-тæ куы нæ уыдаиккой, уæд колхозтæ сæ къæхтыл тагъд не ’слæууыдаиккой. Стæй техникæ. Техникæ уый138
ас нæма амыдта. Фæлæ ныр фылдæр колхозтæн сæ бон у, цавæр машинæтæ сæ хъæуы, ахæмтæ æлхæнын. — Раст дын куы зæгъон, уæд ахæм хъуыдытæ мæнмæ дæр фæзыны... Дзибус шофыры уæхскыл æрхæцыд æмæ йын цадмæ йæ къухæй ацамыдта. Дæгка йæ мидбылты бахудтис æмæ йæ ныхас аивта: — Уæддæр дæ цады иувæрсты ацæуын дæ бон нæу, нæ? — Æххормаг стæм æмæ нæ кæд истæмæй хорз фениккой. Хъæумæ куы бацæуæм, уæд та куыстытыл фæуыдзыстæм. Райеом нæ фос раст кæнынц зымæгон хизæнтæм æмæ фиййæутты барæвдз хъæуы. Дæу дæр хорз зонын, æмæ дæхи кой иæ бакæндзынæ. — Гъе уымæй раст зæгъыс, фæлæ МТС-ты тыххæй ныхас кодтам. Бирæ цæуылдæрты ахъуыды кæнын хъæуы. Хъæздыг колхозтæ æлхæндзысты машинæтæ, æмæ домбайдæр кæндзысты, фæлæ мæгуыр колхозтæн сæ бон ницы бауыдзæн, бонæй-бон лæмæгъдæрмæ цæудзысты æмæ фæстæмæ дзывырæй хуым кæнынмæ æрцæудзысты. — Уымæ, æвæдза, нал æрцæудзысты. — Уый æз дæр афтæ ныхасæн зæгъын. — Уымæ нал æрцæудзысты, фæлæ ма ахæм колхозты тыххæй МТС-тæ дарæы ис. — Ныхас уымæ куы æрцæуид, уæд куыд хуыздæр у, афтæ алыггæнæн бæргæ уаид хъуыддагæн. Ныхæстæгæнгæ бахæццæ сты цадмæ. Æнцад лæууыдис дон æмæ йæ уæлцъарыл, айдæнау, зындысты мæргътæ, хæдзæрттæ, бæлæстæ æмæ арвыл цы урсид æврæгътæ ленк кодтой, уыдон. Фермæйы кусджытæ сæ размæ рацыдысты æмæ сын зæрдиаг еаламтæ радтой. Дзибус устытæй иуæн загъта: — Сæли, дæ хъайлайæ та нæ куынæ фæхъæстæ кæнай, уæд дын ардыгæй ацæуын нæ акомдзыстæм... Дæгка бирæ фæфыдæбон кодта, мал куы арæзтам, уæд, афтæмæй йæ хорз дæр никуыма федтам. — Уæ нывонд фæуæнт, цы нæм ис, уыдон. Æрмæст чысыл фæфæстиат ут, — загъта Сæли, æмæ батагъд кодта, фæздæг кæцæй цыд, уыцы хæдзармæ. Дæгкаитæ доны былтыл зилгæ ацыдысты æмæ 139
дардмæ ауыдтой, МТС-ы машинæ кæй æрбатæхы, уый. Цымæ фермæмæ цæмæи цæуа? Кæд исты ахсджиаг хъуыддагæн хъæуы æмæ уый фехъусын кæнынмæ фæзынд, зæгъгæ, загъта Дæгка. .Æрлæууыдысты æмæ машинæмæ, дисгæнгæйæ, æнхъæлмæ кастысты. Уый дзыхъхъытæ æмæ къуыппытыл схъиудтытæгæнгæ сæ тæккæ размæ ссыдис. Рагæпп дзы кодта Данел. Уыдис тынг æнкъард æмæ тарстхуыз. Дзурын дæр ницыма сфæрæзта, афтæ йæ Дæгка афарста: — Цы хабар ис? Кæцæй фæдæ? — Дзибус, Буцинæ дæм дзуры, æвæстиатæй, дам, рацу. — Цы хабар у? — фæтарст Дзибус. — Валя фæрынчын! Æз дæумæ рацыдтæн, Даут та йын йæ фыдмæ телефоиæй дзурынмæ ауад. ч — Æмæ йæ низы хатт цы у? — бафарста Дæгка. — Йæ куыстæй сæхимæ цæмæдæр æруадис, цыдæр фæлладхуыз дæ, иучысыл дæхи сынтæгмæ æруадз, стæй ацæудзынæ дæ куыстмæ, зæгъгæ, йын Буцинæ загъта. Иæхи куыддæр /æруагъта, афтæ ма иу цъæхахст фвекодта æмæ йæ паралич ныццавта... Æппæт дæр æмбары, фæлæ дзурын иæ фæразы. — Дæгка, нæ фæндтæй ницыуал рауайдзæн æмæ цом, — загъта Дзибус, ныффæлурс, афтæмæй æмæ машинæмæ згъорæгау ракодта. Даргъ къахдзæфтæй ’йæ фæдыл цыдысты Дæгка æмæ Данел дæр. Æнæнхъæлæджы хабар сæ афтæ стыхсын кодта, æмæ æнкъардæй, æнæдзургæйæ тагъд кодтой хъæумæ. 14 Сæ бацыдмæ кæрты лæууыдысты Хасмел, Сандыр, Хъазыбег æмæ ма иу-цалдæр лæджы. Дзибус сæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, фæлæ цы гæнæн уыд, æмæ сæм бацыд, сæ къухтæ сын райста. — Дæхи фæндиаг уæд Валя, бакæс æм, — загъта Хасмел æмæ йæхæдæг йæ разæй ацыд рынчыны уатмæ, Валя хуыссыдис сынтæджы. йæ рæсугъд цæсгом ын паралич йæ дæрзæг æрмтты аууæрста. Æрмæст ын йæ дыууæ æрфыджы рæсугъддзинад фехалын, æвæццæгæн, карз низ дæр нæ бауæндыд — сынты базыртау фæйнæрдæм фæцыдысты. 140
Рынчыны раз бадтысты Зæлинæ æмæ рынчындоны дохтыртæй дыууæ. Лæууыдысты сыхæгтæй чидæртæ. Буцинæ бадтис къуымы гыццыл бандоныл, Валямæ куыд нæ зына, афтæ, æмæ йæ цæссыгтæ нал урæдта. — Валя, мæ хур, тæрсгæ ма кæн, сдзæбæх дæ кæндзыстæм, — зæгъгæ, сдзырдта Хасмел, фæлæ нæ фезмæлыд Валяйы цæсгомы иу нуар дæр. Æгас ма кæй у, уый базонæн уыдис, йæ риуы улæфтæй-иу хъæццул сындæггай уæлæмæ кæй ссыд, уымæй. Фæлæ Дзибусы цæстытæ донæй дзагæй куы ауыдта, уæд зыыа-нæзына йæ сæр батылдта. — Ма йæ тыхсыи кæн, ныртæккæ йын хæрз чысыл зæрдæвæйлыд дæр тынг зиан у, — загъта дохтыр Дзибусæн. — Фæлтау уал кæртмæ акæс, мах бар уадз рынчыны. Фæлæ йæм Валяйы цæстæнгас афтæ каст, цыма йæ йæ разæй цæуын нæ уагъта. — Раст зæгъы дохтыр, раст. йæ разы куы лæууай, уæд тынгдæр тыхсдзæн, — сдзырдта Дæгка дæр, стæй йын ,йæ цонгыл рахæцыд. Дуарæй ма фæкаст рынчынмæ — йæ фæдыл, уыцы æнæзмæлгæйæ, кастысты дыууæ уарзон цæсты. Тыргъы Хасмелитæй ничиуал уыдис. Райкомы секретарь Хъазыбегитæн загъта, Дзибусæн ныртæккæ фиййæутты фæфæндараст кæнын зын уыдзæн æмæ уæхæдæг рæвдздæр февналут, зæгъгæ, æмæ иууылдæр ацыдысты. Дзибус сæргуыбырæй зæхмæ каст æмæ ,йæ цæссыгтæ пъолмæ цъыкк-цъыкк кодтой. Цæсгом фæлурс маскæйы хуызæн ныцъцъæх. — Цæссыгтæй ницы бакæндзынæ, мæ хæлар... йæ дзæбæх кæныныл хъуыды кæнын хъæуы ныртæккæ... Ныр та уал дæ куыстмæ цу æмæ дæ иучысыл дæ зæрдæйы низ дæр айрох уа. Дзибус Дæгкайæн дзуапп нæ радта, уатырдæм азылд æмæ бадзырдта: — Зæлинæ, æддæмæ ма ракæс! Зæлинæ уыцы æнкъардæй куы рацыд, уæд æй бафарста: 141
— Дохтыртæ стут æмæ уæм куыд иæсы Валяйы низ? — Уæззау низ у, фæлæ йын хъуамæ мацы уа. йæ зæрдæ æмæ йæ улæфæнтæ хорз кусынц. — Фæкæсут æм, зæгъгæ, кæмæн балæгъстæ кæнон, ахæм адæм мын не ’стут æмæ йæм фæкæсут... Æз уæ куы хъæуон, уæд иу мæм фæдзурут: — Ды нæ ницæмæн хъæуыс ныртæккæ, мацæуыл тыхс. — Æз дæр ын уый зæгъын. Цом правленимæ, куысты дæ куы нæ айрох уа дæ мæт, уæд никуы, — загъта Дæгка. — Кæнæ та уал нанамæ цом... — Цон фиййæуттæ куыд цæттæ сты фæндагмæ, уый фенон, æмæ фæстæмæ фездæхдзынæн. — Тагъд ма кæн, баба дын куыд зæгъы, афтæ уæ фæндаг нанайыл акæнут æмæ къæбæр ахæрут, æнæхъæн бон быдыры куы уыдыстут, æххормаг уыдзыстут, — загъта йын чЗæлинæ. Лæгтæ сæ фæндаг нанайыл нæ акодтой. Дæгка, æз дæр тагъд фездæхдзынæн, зæгъгæ, ацыд МТС-мæ, Дзибус та — правленимæ. Стыр бæллæх ыл куынæ сæмбæлдаид, уæд Дзибус бæзджын хъæлæсæй бирæ фæхудтаид, йæ къухтæ кæрæдзиуыл цъыччытæ кодтаид, Алтеджы мæнæ ныр цыхуызы уыны, афтæмæй йæ куы федтаид, уæд. Алтег æмæ Даут кæрты лæууыдысты. Даутыл — йæ æнæуи дарæс, Алтегыл та — дæрдджын галифе хæлаф, уæззау цырыхъхъытæ, фыды морæ куырæт æмæ сау нымæтын худ. — Цæй, куыд у? Цæттæ стут фæндагмæ? — бафарста сæ Дзибус. Йæ зæрдæйы рыст ын зыдтой лæппутæ, æмæ йын Алтег дзуапп радта æнкъардæй: — Цас цæттæ кæнын нæ хъæуы? Завхозæй ма цыдæртæ хъуамæ райсæм æмæ уымæ æнхъæлмæ кæсæм. — Хорз, уæдæ. Æз уæм ныртæккæ рарвитдзынæн завхозы. Дзибус тыргъмæ куы схызтис, уæд æм мидæгæй райхъуыст Хасмелы фæсусгомау хъæлæс. Æвæццæгæн, завхозимæ дзырдта. 142
— Æмæ сын æрчъиаг дзабыртæ цæмæн дæттут? Фиййæутты фаг цырыхъхъытæ уæм нал ис? — Сæхæдæг сæ агурынц, æнцондæр дарæн сæм кæсынц. Ноджы сын фарон бахуыдтам, æддæрдæм галдзармæй чи уыд, мидæджырдæм та æнæлвыд сæгъы цармæй, ахæм дзабыртæ æмæ сæ тынг бауарзтой. Уыдоны раз цырыхъхъытæ дæр нал бакомдзысты. — Кæд æцæг сæхи фæнды, уæд афтæ фæуæд. Фæлæ сын иугæйттæ сцæттæ кодтат, æви дыгай фæлыстытæ? — Æрчъиаг нын не ’сфаг се ’ппæтæн, фæлæ иннæтæн дæр сæ фæстæ арвитдзыстæм чысыл фæстæдæр. — Фиййауæн цы вæййы, уый йæ хызыны вæййы, ахæм ныхас фехъуыстаис. Ныртæккæ ницыуал бакæнæч ис. Тæккæ райсом сын самал кæнут къахыдарæс æмæ сын сæ сæ фæдыл арвитут, сæ хуылыдз дзабыртæ раласын æмæ сын хус дзабыртæ кæныны фадат куыд уа, афтæ... Нымæттæй, кæрцытæй, хъарм хæлæфтæй та куыд сты? Фаг сæм ис? — Уыдæттæй рæвдз сты. — Хæцæнгарз дæр сын радтат? — Æртæ цуанон топпы. — Æмæ фиййауæн йæ тæккæ цæстыты раз бирæгъ йæ фысты радыгай куы æргæвда, уæд йемæ хъæбысхæсты бацæудзæн? Æртæ чысыл сты. — Нæ куитæ тыхджын æмæ хъæхъхъаг сты. — Самал кæнын хъæуы уæддæр топпытæ, алы дзуджы фиййæуттæм дæр иу уæддæр куыд уа, афтæ. Завхоз Хасмелæн цы дзуапп радта, уымæ нал байхъуыста Дзибус. Дуар байгом кодта æмæ мидæмæ бахызтис. Хасмел бадтис сæрдары бынаты, завхоз æмæ Хъазыбег та — йæ бакомкоммæ диваныл, æмæ ныхас кодтой. Дзибусы куы ауыдта, уæд Хасмел сыстадис: — Дæ бынат дын бацахстон. — Ницы кæны, ницы. Сбад, — загъта Дзибус æмæ завхозы фарсмæ æрбадт. — Æмæ дæ рынчыны куыд ныууагътай, — бафарста Хасмел. — Ам адæм ис æмæ уыдон фæкæсдзысты фиййæуттæм. Æз дæр сæ цух нæ ныууадздзынæн. — Йæ разы сты дохтыртæ... Æз ма сын цы ахъаз дæн? Фæлæ ма, зæгъын, ноджыдæр иу хатт азилæм, 143
сбæрджытæ кæнæм, куыд цæттæ сты фиййæуттæ, уый. Кæд ма нæ исты айрох. — Раст зæгьыс, фæлæ фиййæутты мæнæ Хъазыбег æрæмбырд кæндзæн, æмæ семæ баныхас кæндзыстæм. Ды та рынчынæн кæд æххуыс ницы фæуыдзынæ, уæддæр йæ разы куы уай, уæд ын æхсызгон уыдзæн. Ныр та уал цом, акæсæм нæ бæлццæттæм. Йæ бон ныртæккæ кæй ницы у, йæ сагъæстæ йын иууылдæр Валяйы мæт йæхимæ кæй аздæхта, уый Дзибус бамбæрста, фосыл куы зылдысты, уæд. Æмæ куыддæр, цы лыстæг сахъæттæ ма ис, уыдон сбæрæг кодтой, афтæ сæ баххæст кæнын завхозæн бахæс кодта, стæй Хасмелæй хатыр ракуырдта æмæ сæхимæ рацыд. Кæрты дуар куыддæр байгом котда, афтæ йæ цъæхид ног машипæ æрæййæфта. Лæппуйау дзы рог рагæпп кодта Гæбæти. Иæ цæстытæ1 уыдысты кæуынвæд. — Куыд у Валя? — Хорз нæу. Йæ низы хатт тынг æвзæр у. Паралич... Цалынмæ ныхас кодтой, уæдмæ машинæйæ рахызтис бæрзæндтæ, ирдцъар, урсрихи лæг. — Нæ горæты хуыздæр профессоры йæм раластон, — загьта Гæбæти, уазæгмæ къухæй ацамонгæйæ,— фехъуыстаис ын йæ кой, йæ мыггаг Горожанин. Горожанин æмæ Дзибус кæрæдзийы къухтæ райстой, базонгæ сты, стæй батагъд кодтой рынчынмæ. — Æрмæст дæуæн мидæмæ цæуæн нæй, — загъта профеосор Гæбæтийæн. Фæндагыл дæ кæуын куы нæ урæдтай... æмæ рынчыны раз куы скæуай, уæд уый стыр зиан æрхæсдзæн. Æмбаргæ кæны? — бафарста Дзибусы. — Дзурын нæ фæразы, æндæр цыма алцы дæр æмбары. — Гъе, кæсыс, æмæ дæ кæугæ куы фена, уæд æй фæтæрсын кæндзынæ, æмæ уый та ахæм рынчынæн карды цæфæй фыддæр у. — Цæй, мæхи ныууромдзынæн, уæдæ ма мыл цы бон ис, фæлæ мæ иунæг хъæбул цы уавæры ис, уый фенон. Профессоры разæй бауагътой, йæ фæстæ бахызт 144
Гæбæти æмæ Валяйы куы ауыдта, уæд Дзибусы дæр ма скъуырдта, афтæ тагъд рагæпп кодта тыргъмæ, бæрæг уыд йæ кæуын кæй нал баурæдта, уый. Валя профессормæ æнæзмæлгæ цæстытæй кастис, цыма афтæ зæгъинаг уыд: дохтыр куы дæ, мæлыы мæ ма бауадз. Горожаниы Валяйы федта, æмæ тыргътæм куы рацыдысты, уæд æй Дзибус хæрз цыбырæй бафарста: — йæ удæн исты тас у? — Йæ цардæн уыйбæрц тæссаг нæу, фæлæ бирæ чи ахæсдзæн, ахæм низ у, паралич, хуыздæр æй сбæрджытæ хъæуы. Мæ фæндон афтæ у, æмæ йæ ныртæккæ горæтмæ аласæм. Рынчыыдоны йæ мæхи клиникæйы æрхуыссын кæндзынæн, равзардзынæн ын йæ низ æмæ йæ дзæбæх кæндзыыæн, уыцы низы ныхмæ нæм цы хуыздæр хостæ ис, уыдонæй. — Бузныг, стыр бузыыг, профессор, — загъта Гæбæти, йæ кæуын тыххæй уромгæйæ, стæй Дзибусмæ аздæхт. — Мацæмæй йын тæрс, мæ разы уыдзæнис æмæ йæм мæ цæст дардзынæн. 15 Фыццаг хатт хицæн кодта Дофкайæ йæ хъæбул даргъ рæстæгмæ. Фыр катайæ рыстис йæ зæрдæ. Тæригъæдгæнаг у мад æмæ йæ иунæгæы фæндараст зæгъынæн хорз хуынд сарæзта. Аргæвдын кодта далыс; фыдджыыæй, уæлибæхæй — иууылдæр сцæттæ сты. Алтегæн йæхи арвыста хонæг. — Фæдзур, дæ фæхъхъау фæуон, не ’ртæ чъиримæ, кæй дæ фæнды хистæрæй, кæстæрæй, уыдонмæ. Зын у Алтегæп, мад ыл афтæ кæй мæт кæны, уый. Фæлтау æм хæцгæ куы кæнид, уæд ын цыма æнцондæр уаид, афтæ йæм кæсы. Цæй фæлмæн у мады зæрдæ, куыд хатыр кæны, куыд рох кæны стыр маст дæр! Раздæрау Алтегæн йæ алы фæндон дæр æххæст кæныныл бæргæ архайы, фæлæ уый дæр нæ сабыр кæны лæппуйы зæрдæйы рыст, æмæ йæ мад хонæг куы æрвыста, уæд загъта: — Мæнмæ гæсгæ, ацы хатт зæрæдтæ куы ыæ абадой немæ, æрмæст кæстæртæм куы бадзурон, уæд нæ 10 Адæм адæм сты 145
бадт хъæлдзæгдæр уыдзæн. Æрмæст мын Дауты фыд Ботасы æнæ рахонгæ нæй, уый сæ хистæр у фиййæуттæн æмæ немæ аныхæстæ кæнæд. — Раст зæгъыс. Ботас хорз арæхсы кæстæртимæ дæр æмæ хистæртимæ дæр. Алтег йæ фæндаг Данелыл акодта, айста йæ йемæ æмæ иумæ ацыдысты хонæг. Ботас йе ’стыр бинонты æхсæн бадтис. Æвæццæгæн сын, зымæгон хизæнтæм цæуыны размæ уынаффæтæ кодта, цалынмæ йæхæдæг уым уа, уæдмæ сæ чи цы кусдзæн, кæстæртæй йæхи чи куыд хъуамæ дара, уыдæттæ амыдта. Алтег бахæлæг кодта Ботасы бинонтæм. Бадынц сæ фыд æмæ сæ мады алыварс. Ис сын, кæмæ байхъусой æмæ сын уынаффæтæ чи бакæна, ахæм фыд. Ботас йæ цоты магусайæ бадын нæ уадзы. Алчидæр сæ хъуамæ кæнæ ахуыр, кæнæ кусгæ кæна. Йæ хистæр фырттæй иу хъæууонхæдзарадон институты хистæр ахуырадон кусæг у, иннæ та кусы здыйы æрзæт агурæг экспедицийы. Кæстæр æртæ лæппуйы баззадысты хæдзары. Æмæ сæ иу, Цæра, у комбайнер, иннæ — хъæдгæс, се ’ппæты кæстæр Даут дæр кусы колхозы. Ботасæн йæ дыууæ чызджы моймæдзыд сты. Фæлæ уыдоны дæр сæ фыды хæдзары баййæфтой Данел æмæ Алтег. Æвæццæгæн, уыдон дæр изæрæй æрбауадысты сæ фыд æмæ сæ кæстæр æфсымæрæн фæндараст зæгъынмæ. — Æмæ уæ æз та цæмæн хъæуын? — хъазæгау загъта Ботас, хонæг кæй сты, уый йын куы фехъусын кодтой, уæд. — Фæсивæд стут æмæ уæхæдæг æрбамбырд ут, фæрнджын фæуæд Дофка, сымах æрбамбырд кæныны зонд æмæ хъару кæмæ æрцыд. — Нæ, Ботас, ды нæ уæлейы куы нæ абадай, уæд нæ бадт не ’сфидаудзæн, — загъта лæгъстиаджы ныхасæй Данел. Бахатыдтой йæм иннæтæ дæр, æмæ уæд, йæ мидбылты бахудгæйæ, сразы: — Кæд уæ афтæ фæнды, уæд хорз, мæ хуртæ, цæугæут, æз дæр ныртæккæ фæцæуын. Даут йе ’мбæлттимæ ацыдис. Ботас та йæ ныхас дарддæр кодта бинонтимæ. Сæ ныхас та ахæм хъуыддагыл уыдис: ацы азы хуызæн хорз никуы æрзадис 146
нартхор. Иннæ азты зæрдæцъæхæй та Ботас йæхи цæхæрадоны иууылдæр иартхор бакæнын кодта. Нартхор, дам, куы уа, уæд бинонтæн дæр æмæ хæдзары фосæн дæр алцыдæр сæ фаг уыдзæн. Сæ цæхæрадон уыдис саумæр æмæ дзы алы нартхоры зæнгыл дæр æртæ-цыппар æлмæриныйас æфсирæй къаддæр нæ уыд. Бинонтæ та мин æмæ æрдæг фæллойбонæй фылдæр бакуыстой, æмæ алы фæллойбонæн нартхор æрмæст æртыгай килотæ куы радтой, уæддæр сæм уыйбæрц тыллæг æрцæудзæн, æмæ йæ кæм ныккæндзысты, уый дæр нæ уыдзæн. Æмæ уый уынаффæ кодта йæ бинонтимæ зæронд Ботас. — Колхозæй ма тоннæ, кæнæ тоннæ æмæ æрдæг æрласдзыстут, иннæтæ паддзахадæн ауæй кæндзысТУТ» — ууыл йæ ныхас ахицæн Ботаоæн. Уыйфæстæ ацыдис хуынды. Ботас Дофкатæм баййæфта Хъазыбег æмæ Дзибусы. Иннæтæ уыдысты кæстæр фæсивæдæй. Цæуылдæр хъæлдзæг ныхас кæй кæнынц, уый уайтагъддæр бамбæрста фæлтæрдджын зæронд лæг, æмæ кæрæдзийæн салам куы радтой, куы йæ сбадын кодтой хистæры бынаты, уæд аивæй бафарста: — Дзибус, гормон, горæты куы уыдтæ, уыцы мæгуыр чызджы бæрæг кæнынмæ, мæ сæр йæ нывонд фæуæд, цыхуызæн у? — Æвæццæгæн, афтæ æнцон адзæбæхгæнæн нæу, фæлæ уал ныридæгæн бирæ æнцойдæр æмæ сабырдæр у. Дзурын дæр фæлвары. Профессор куыд зæгъы, афтæмæй йын ницы уыдзæн. — Хуыцау ын баххуыс кæнæд, — йæ худ систа Ботас, — иунæгæй, сидзæрæй схъомыл æмæ йæ æнамонд ма скæнæд. — Уый дохтыртæ сдзæбæх кæндзысты, Ботас, бирæ хъару сæм ис. Фæлæ Дзибус горæтæй цы ног хабæрттæ æрхаста, уымæй ма йæ афæрс, — цинхуызæй дзырдта Хъазыбег. — Æцæг исты ног хабар ис? — Цæмæй ноджы фидардæр слæууæм нæ къæхтыл, ахæм хабæрттæ нæм рарвыста, Ботас, нæ хицауад Мæскуыйæ. — Æмæ кæд хорз хабæрттæ сты, Дзибус, уæд сæ 147
мæнæн дæр радзур æмæ мæ зæронд зæрдæ дард балцы хъæлдзæг уа. — Газет мемæ æрластон æмæ йæ кæронмæ нæ бакастæн, фæлæ хицауадмæ ног хорз хъуыдытæ фæзындис, нæ цард цæмæй ноджы фæхуыздæр уа, уый тыххæй. — Хуыцау бирæ цæрæнбоы раттæд, ахæм хъуыды кæмæ æрцыдис, уыдонæн, фæлæ уæддæр цы зæгъынц? — Куы дын зæгъын, Ботас, кæронмæ йæ нæ бакастæн, фæлæ, дам, МТС-тæ нал уыдзысты. Ботасы цæстыты тасдзинад фæзынд. Комкоммæ бакаст Дзибусы цæсгоммæ, хынджылæг кæны æви йыи æцæг дзуры, уый базоныны тыххæй. Æмæ йын йæ цæсгомы æнгасыл куы федта, æцæг кæй дзуры, уый, уæд бафарста: — Куыд нал уыдзысты МТС-тæ? Уæд мах æнæ трактортæй, æнæ комбайнтæй, æнæ хосгæрдæнтæй куыд кусдзыстæм?.. Цæмæй фæхуыздæр уыдзæнис нæ цард? Цæуыл цин кæнут?! Дзибус бамбæрста, зæронд Ботас цæмæй фæтарст, уый. Йæ мидбылты бахудтис æмæ бамбарын кодта: — МТС-тæ, чи зоны, æмæ нал уыдзысты, фæлæ колхозы цы машинæтæ хъæуы, уыдон хъуамæ йæхæдæг балхæна æмæ йæхи уой. — Гъе, уый раст у, — Дзибусы ныхас айста Ботас, — уый чи æрхъуыды кодта, уымæн йæ цæрæнбон бирæ уæд. Хъуамæ колхозæн йæхимæ уой машинæтæ, кæииод дæ хорз сыхагмæ сасиргур куы цæуай, уымæй уæлдай нæу МТС-æй машинæтæ курын дæр. Зæгъ, Дзибус, кæстæртæн æмæ нын немæ цы чингуытæ æрвитут, уыдонимæ уыцы газеттæй дæр фæкæной. Бакæсæм æй, бамбарæм æй мах дæр æмæ йыл ахъуыды кæнæм. — Ботас, Дзибус цы газет æрхаста, уый дын демæ арвитдзыстæм, фæлæ фынг цæттæ у æмæ дæм æнхъæлмæ кæсы, — загъта Хъазыбег. Ботас нæ федта, Данел, Алтег æмæ Даут цы бæркадджын æмæ рæсугьд фынг æрæвæрдтой, уый. Æмæ йæм ныр кæсгæйæ аззад. Далысы сæр, фæрсчыты физонæг, сивыры дзидза, нурыдзæхдон. Хорз фынгыл цы æмбæлы, уыдон куы федта Ботас, уæд сдзырдта: 148
— Гъей, мæлæн дын макуы уа ирон сылгоймаг, — æмæ æрбадыы кодта хуынд адæмы. Кæстæртæ бадын нæ куымдтой, æфоæрмы кодтой Ботаоæй, фæлæ сын уый йæхæдæг загъта: — Иу бинонтæ стæм, уæ рын бахæрон, æмæ бинонты бадт акæнæм. Уырдыг лæугæйæ баззадысты Данел æмæ Алтег. Алтегæн йæ хæс дæр уыд алæууын, фæлæ йæ æнæуи дæр бадын нæ фæндыдис — баназ, зæгъгæ, йæм куы æрхатой, уымæй тарстис. Лæппуйы та, зындоны артмæ дæр бацæудзæн, уæддæр йæхи йæ мадæн чысыл нозтджынæй равдисын дæр нал фæндыдис... Дзæбæх, хæлар, уарзон бадт кодтой уазджытæ æмæ æмгæрттæ. Алтегмæ дæр æрыздæхтысты, къаддæр дæр нæ, фылдæр дæр нæ, фæлæ иунæг нуазæн немæ баназ, зæгъгæ. Бирæ дзурын æм бахъуыд, фæлæ æрæджиау æвæндонæй сразы. Раарфæ кодта фынгылбадджытæн, æмæ куыддæр сыкъа йæ дзыхмæ схаста, афтæ хæдзары дуар байгом æмæ æрбазынд Дофка. Алтег джихæй аззад, стæй сыкъа йæ къухтæй æрхаудта. Мады цæстытæ ахъоппæг сты, фæтарст, кæд йæхи нæ баурæдта, æмæ æгæр банозта, зæгъгæ. Фæлæ йæ фырты æфсæрмы хуызæй куы ауыдта, уæд ын фенцон ис. Цалынмæ Алтег пъолæй сыкъа иста, стæй йæ æхсадта æмæ йæ фæстæмæ байдзаг кодта, уæдмæ Дофка нуазæн Ботасмæ радта. — Цæуыс та дæ дард фæндагыл, Ботас, æмæ фæн.дараст фæут. Махæй дæр иу сывæллон фыццаг хатт уемæ цæуы æмæ уе ’вджид уæд. Уæ хъус æм фæдарут. Чи нæ байхъуса æмæ чи нæ бамбара, ахæм лæппу нæу. Ныххатыр мын кæнут, мæхæдæг дзы кæй æппæлын, уый; фæлæ дзы адæмæн бæзгæ лæг скæнут. — Дæ нуазæн бирæ уæд, Дофка, — загъта Ботас. — Мах хорз зыдтам Дзамболы, зонæм дæу дæр, æмæ-иу уæ сывæллон кæд рæдигæ фæкодта, уæддæр нæ фесæфдзæн. йæ алыварс бирæ хорз адæм ис, æмæ йæ уыдон рæдийын нал бауадздзысты. Адæм адæм сты, Дофка, адæмы фарн бирæ у æмæ йæ хорзæх дæ фырты дæр уæд!
ДЫККЛГ ХАИ I. ХУР БОН ДÆР ФÆЗЫНЫ МИГЪТÆ 1 У рæсугъд хур бон. Фæлæ раст зымæгон уазал дымгæ кæны. Чи зоны æмæ мит дæр рауара... Уæвгæ йын нырма æгæр раджы у, нартхор куы нæма сцæттæ. Арвмæ æнкъардæй скастис Дзибус æмæ дзы федта урс-урсид æврæгътæ, сындæггай хуссарырдæм ленк кæнгæйæ. Ахæм æврæгътæй нæдæр уарынæй, нæдæр митæй тас у, сæ фæдыл сын тыхджын дымгæ сау мигътæ куынæ æрбахæсса, уæд. Афтæ хъуыдытæ кодта колхозы сæрдар. Валя куы фæрынчын, уæдæй фæстæмæ бæлвырд фенкъарддæр Дзибус. Цыфæнды худæн ныхасмæ дæр йæ цæогом æрмæст зына-нæзына фезмæлы. Æмæ куыд схъæлдзæг уа йæ зæрдæ, йæ уарзон бинойнаг Валя 150
рынчындоны куыд хъизæмар кæны, уый æдзухдæр йæ цæстытыл куы уайы, уæд? Куыд рауайдзæн Валяйы цард, уый зын зæгъæн у. Чи зоны æмæ дохтыртæм ахæм хостæ разына æмæ йæ тагъд йæ къæхтыл слæууын кæной. Чи зоны æмæ афтæ хуысгæйæ баззайа, фæхъизæмар кæна, фæхъуырдухæн кæна, æмæ... Дзибус фестъæлфыди, зыдта йæ — ис ма ахæм низтæ дæр æмæ хос кæмæн нæй. Уæвгæ йын дохтыр зæрдæ æвæрдта, æндæрæбон горæтмæ куы суадис Валяйы абæрæг кæнынмæ, уæд, зæгъгæ, кæд йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ куыд æнхъæл сты, ахæм паралич разына, уæд ын сдзæбæх кæнæн ис, æрмæст дæргъвæтин ахæсдзæн йæ дзæбæх кæныны рæстæг. Мæгуыр рынчын йæхæдæг, уæлдай зындæр уымæн у. Рынчындоны куы уыдис, уæд Дзибус сæмбæлди Гæбæтийыл, уый лæууыд агъуысты раз æмæ зæхмæ уыцы æнкъардæй каст, цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ тамако дымдта æмæ дымдта. Валяйы фæрынчыны фæстæ бирæ фæфыдхуыздæр Гæбæти, тайын æй кæны йæ чызджы мæт. Цалдæр хатты бабæрæг кодта Дзибус Валяйы, уал хатты йын йæ фарсмæ бадгæ баййафы Гæбæтийы. Уый фæбады йæ чызджы сыитæджы раз æмæ йын фæкæсы чингуытæ, чызг дæр æм æнцад фæхъусы æмæ уымæй бæрæг вæййы, æхсызгон ын кæй у Гæбæтимæ хъусын. Фыд æрмæст стæм хатт рауайы кæртмæ тамако дымынмæ. Æндæрæбон æй тамако дымгæ куы баййæфта, уæд бафиппайдта: Гæбæти кæд фæкъæсхуыр, уæддæр йæ цæстытæ бæлвырд ныфсджындæр каст кодтой. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ йве Дзибус бафарста: — Цæй, куыд у рынчын? — Цы дын дзы зæгъон? Афтæ тагъд адзæбæхгæнгæ низ нæу. Фæлæ фæстаг бонты бæлвырд сæрæндæр у. Дзурын фæлвары тыххæйты. Иугай дзырдтæ дæр фæзæгъы. Фæлæ йын сæ æз нæ бамбарын. Цом йæ размæ, дæхæдæг дæр æй фен, — йæхæдæг разæй ацыд палатæмæ. Валя уыцы æмдæргъæй хуыссыдис йæ хуыссæны. Дзибусы палатæмæ æрбахизгæ куы ауыдта, уæд цы151
ма йæ цæсгом бирæ фæрухсдæр, афтæ фæзыпд бацæуджытæм. Рынчын йæ сæр сындæггай разылдта лæгмæ æмæ йæм скастис комкоммæ. Дзибусмæ куыд фæкаст, афтæмæй йæ цæстытыл ныронгау мæрдон уазал æнгас нал бадти. Цæсгомыл зындис æнцондзинад, æнæнизæй куыд уыдис, афтæ зæрдæмæдзæугæйæ баззад. Дзибусмæ кæсгæйæ Валяйæн йæ цæсгом кæуыны змæлд нæ фæкодта, фæлæ йæ цæстытæй ставд цæссыджытæ æртылд æмæ йæ сау дзыккуты аныгъуылдысты. — Кæугæ ма кæн, кæуын æнæниз адæймагæи дæр æвзæр у, — загъта йын Гæбæти, йæ разы æрбадт æмæ йын йæ рустыл цæссыгты фæд асæрфта, стæй Дзибусмæ аздæхт. — Ды уал, Дзибус, йæ разы абад, аныхæстæ йын кæн, уæ хъуыддæгтæ куыдтæтæ цæуынц, уыдæтты тыххæй. Куыдфæстæмæ Валяйы цæсгом фæрухсдæр æмæ дзурын фæлварын райдыдта, фæлæ йе ’взаг йæ коммæ нæ касти. Хаттæй-хатт-иу дзырды хуызæн цыдæр дæр загъта, фæлæ йын бамбарæи нæ уыд, Гæбæтийы загъдау. Æрмæст иу дзырд загъта зынæй, фæлæ сыгъдæгæй: — Нна-а-нна? — Буцинæйæ дæ фæрсы, — бамбарын кодта Дзибусæн Гæбæти. — Нана дыл мæт кæны æдзухдæр. Кæд адзæбæх уыдзыиæ æмæ, дам, нæхимæ кæд рацæудзынæ. Иæхæдæг дæр та дæм райсом, кæнæ иннæбоы суаинаг у. — Дзæбæхдæр кæыы, уый бæлвырд у, — загъта Гæбæти цыбыр ныхасæй, — фæлæ хæрз сындæг. Бакæсон ма йæм æмæ куы хъæуа, уæд æй Мæскуымæ аласдзынæн. Хъуамæ уым фылдæр гæнæнтæ уа æмæ йæ кæд тагъддæр сдзæбæх кæниккой. Мæхæдæг дæр йемæ ацæудзынæн, кæннод æм мæ зæрдæ æхсайдзæн. Бон мыл изæр нæ кæндзæн, æхсæв — бон. Æрмæст раздæр писмо ныффыссын хъæуы Æнæниздзинады министрадмæ, чи йæ хъæуы, ахæм рынчындоны йын бынат куыд уа, афтæ. — Зæлинæ мын куыд дзырдта, афтæмæй уый сæхи рынчындоны ыомæй Мæскуымæ ныффыста, æмæ 152
ныр дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы. Гъемæ мæнмæ гæсгæ банхъæлмæ кæсын хъæуы иуцасдæр рæстæг, ноджы Валя ныртæккæ тынг лæмæгъ у æмæ йын ахæм балц зын уыдзæнис. — Дзибус бафиппайдта Валяйы цæсгомыл, ныхас ын æхсызгон кæй у, уый. Дзибус цæуынмæ куы хъавыд, уæд та Валяйы рустыл бæзджын дзыккутæм æрдугъ кодтой ставд цæссыгтæ. Дзибус æм æргуыбыр кодта, йæхæдæг ын сæ асæрфта æмæ йæм бахудт. Валяйæн йæ цæссыгтæ уайтагъд ахус сты, уымæн дæр йæ цæсгом худæнзмæлд фæкодта... Уыцы хъуыдытæ кæны Дзибус ныр, МТС-мæ Дæгкаимæ баныхас кæнынмæ цæугæйæ. МТС-ты куыст куыд хуыздæр рацаразын хъæуы, уый тыххæй нырма æппæт газетты дæр ныхас цæуы; чи бынтон сæ сæхгæнын хъæуы, зæгъы, чи, колхозтæ ма лæмæгъдæр кæм сты, сæхицæн машинæтæ æлхæнын сæ бон кæм нæма у, уым сæ афтæмæй ныууадзæм зæгъы,—’æмæ бирæ æндæр ахæм фæндæттæ хæссынц газетты фæрстыл, уыцы хъуыддаджы фæдыл цы æмбырдтæ вæййы, уым дæр. Фæндæттæ алыхуызон сты, фæлæ МТС-тæ кæй цараздзысты æмæ колхозтæн сæхицæн бар кæй ратдзысты кусæн машинæтæ æлхæнынæн, уый дызæрдыггаг нæ кæсы Дзибусмæ. Æмæ æмбæлгæ дæр ныртæккæ афтæ кæны. Колхозтæ ма лæмæгъ куы уыдысты, иунæг мæнæугæрдæн машинæ балхæнын дæр сæ бон куы нæма уыдис, уæд сын се ’сфидар кæнынæн МТСтæ бирæ ахъаз фесты. Фæлæ ныр милуангай пайдатæ куы ис бирæ колхозтæм, уæд хъуамæ ахæм колхозтæн сæхимæ уой сæ кусæн машинæтæ æмæ дзауматæ. Афтæ куы уа, уæд колхоз базондзæн цыхуызы машинæ йæ цы афон кæм бафтауын хъæуы куыстыл, уый. 2 — йæ куыстæй абон раздæр ацыди, — загъта Дæгкайы секретарь Дзибусæн. Стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Цыма нæфæразгæгомау дæр уыдис. Кæд дæ æхсызгон хъæуы, уæд <æй оæхимæ абæрæг кæн. Зо153
нæйы секретарь Сандыр дæр æй агуырдта æмæ уый дæр сæхимæ фæцæуы. Сандыр Дæгкамæ кæй фæцæуы, уыцы хабар фæхъыг Дзибусæн. Æнæуи дæр куыддæр æнæнцой адæймаг уыдис, кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр йæ ныхас куыд ацæуа, ууыл архайдта, раст-иу куы нæ уыдис, уæддæр. Фæлæ МТС-тæ рацаразыныл ныхас цæуын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ йæхицæн бынат бынтондæр нал ары. Чи зоны æмæ йæ бынатæн тæрсы. Газетты цы ныхæстæ цæуы, уымæй бæрæг нæу МТСты куы рацаразой, уæд ма зонæйы секретартæ цы куыст кæндзысты, æви æппындæр нал уыдзысты, уый. Чи зоны æмæ зонæйы .секретарь уæвгæйæ бирæ хъарутæ схардз.кодта МТС-ты куыстыл, бауарзта сæ æмæ йын ныр куы фехæлой, уымæй тæрсы. Цыфæнды уæд, уæддæр Дзибусæн хъыг уыдис Сапдыр дæр Дæгкамæ йæ хæдзармæ кæй ацыдис, уый. Дзибусы фæндыдис Дæгкаимæ хицæнæй, иунæгæй баныхас кæнын. Машинæтæ æцæг уæй кæнын куы райдайой, уæд йæ колхозæн хъуамæ ногдæр, рæвдздæр машинæтæ балхæна. Æмæ уыцы иыхас куы скæна Сандыры раз, уæд та йын уый йæ размæ исты цæлхдуртæ æвæрдзæнис, йæ фарс нæ фæуыдзæн. Æдзух афтæ фæдзуры — æххуыс, дам, мæгуыр колхозтæн хъæуы. Дзибусы колхозы хуызæн æнæуи дæр æфсæрдзæн размæ, уадз æмæ колхозтæ иухуызон уой. Суанг сын сæ æфтиæгтæ дæр куы сиухуызон кæнид, уый дæр æй фæнды. Диссаг иу хъуыддаг кæсы Дзибусмæ: рагон, фæлтæрдджын кусæг куы у Сандыр, уæд куыд не ’мбары, раззаг колхозты уромын кæй нæ хъæуы, фæлæ уыдоны æмрæнхъмæ сисын кæй хъæуы фæстæзад колхозты дæр. Кæннод раззаг колхозтæ фæстæгтæм æнхъæлмæ куы кæсой, æрбаййафой нæ, зæгьгæ, уæд ахæм хъуыддагæй цы рауайдзæнис? Ницы... Кæд изæр уыдис æмæ фæззыгон уазал дымгæ кодта, уæддæр Дæгка æмæ Сандыры сарайы бадгæйæ баййæфта. Цæуылдæр зæрдиаг æмæ быцæу ныхас кæй кодтой, уый бæлвырд уыдис, Сандыр Дзибусы къух куыд æнæбары хуызы райста, уымæй дæр. Стæй йæ ныхас дарддæр кодта: 154'
— Ды бахатыр кæн, Дзибус, иу хъуыддагыл ныхас кæнæм æмæ йæ кæронмæ ахæццæ кæнæм, — æмæ баздæхтис Дæгкамæ: — Æз уыцы хъуыдыйыл лæууын æмæ мын æй ничи аивын кæндзæн. Уе’ппæт дæр иу ахсджиаг хъуыддагыл нæ сагъæс кæнут: тыхджын колхозты ма ноджыдæр размæ куы кæнæм, уæд иутæ бынтон размæ афардæг уыдзысты, коммунизмы балæудзысты, æмæ уæд мæгуыр колхозтæ та хъуамæ цы фæуыдзысты? Фыддæрæй-фыддæрмæ цæудзысты, æндæр фæндаг сын нæй. — Уæдæ фæстæзад колхозтæм æнхъæлмæ гæсгæйæ раззаг колхозты куы ныууромæм æмæ сæ размæ куы нæ уадзæм, уæд тагъддæр бахæццæ уыдзыстæм коммунизммæ? Тыххæй ма баурæдта Дзибус йæ худын: ардæм куы цыдис, уæд куыддæриддæр хъуыды кодта, афтæ ныхасгæнгæ сæ баййæфта. — МТС-ты колхозтæн машинæтæ куы уæй кæной, уæд сæ, æвæццæгæн, лæмæгъ колхозтæн балхæнын дæр сæ бон нæ бауыдзæн. Мæнæ Дзибусы колхоз æнæхъæн МТС дæр балхæндзæн æмæ йæ цæст дæр нæ фæныкъулдзæн. Фæлæ йæ сыхаг колхоз та? Иунæг комбайн балхæнын дæр йæ бон не ’суыдзæн. — Уæдæ сын мах балхæнæм, Сандыр, æмæ нæхæдæг та æнæ машинæтæй бадæм æви куыд зæгъыс? — мидбылты бахудтис Дзибус. — Сымах сын нæ балхæндзыстут, фæлæ мæм куыд кæсы, афтæмæй машинæтæ колхозтæн кæнæ лæвар дæтдзысты, кæннод та æмгъуыдмæ хæсæй. Æмæ афтæ куы уа, уæд нæ тынгдæр нæ цæст фæдарын хъæуы лæмæгъ колхозтæм. Уыдонæн раттын хъæудзæн фылдæр æмæ хуыздæр машинæтæ... — Цæвиттон, раззаг колхозтæн сæ хурхыл ныххæцын хъæуы, размæ кæй рацыдысты, уый тыххæй, зæгъгæ, дæ афтæ æмбарын хъæуы, нæ? — Ды та кæстæр дæ нырма, мах разы лæппу дæ æмæ хистæртæ цы дзурынц, уый хъуыды растдæр æмæ арфдæр бамбарыныл куы архайай, уæд дын уый хуыздæр уыдзæн, — Дзибусы æфхæрыныл нæ бафæстиат Сандыр. — Æз дæр ууыл куы архайын, — загъта та Дзибус. 155
— Цæй, куыд хуыздæр кæнын хъæуа, уый базондзыстæм, парти æмæ хицауад сбæлвырд кæндзысты, цы кæнын хъæуы, уый. Афтæ дæм мæ зæрдæйы катайæ æрбауадтæн... Рагацау нæхæдæг дæр куы акæнæм уынаффæтæ æмæ хъуыдытæ, нæ тыхтæ æмæ нæ фадæттæ куы сбæлвырд кæнæм,уæд пайда йедтæмæ зиан нæ уыдзæн, мæ цыды сæр дæр уый тыххæй уыд, — загъта Сандыр æмæ йæ бадæнæй сыстад. — Ныр та уал хæрзизæр ут. Цыма уый сыстадмæ æнхъæлмæ каст, афтæ уыцы минут сæ уæлхъус алæууыд Зæлинæ æмæ загъта: — Ам уазал у, мидæмæ рацæут æмæ фæйнæ къæбæры бахæрут. — Гъеуый хъуыддагæн чи бæззы, ахæм ныхас у, кæд ма нæ нана истæмæй дæр бахъарм кæнид, — загъта Дæгка æмæ уый дæр сыстад. — Сандыр, — къухæй бацамыдта тыргъырдæм. — Мæнæн бахатыр кæнут, иу хъуыддаджы тыххæй тагъд кæнын. Фæлæ йæм Дæгка куы æрхатыдта, уæд сразы. Цыбыр асинтыл разæй схизыны бар радтой Сандырæн, уый фæстæ схызтис Дæгка. Фæлæ Дзибус йæхи фæстиат кодта. Уый æцæг нæ фæндыдис мидæмæ цæуын, зыдта йæ дзуринæгтæ хибарæй Дæгкайæн зæгъын йæ бон кæй нæ бауыдзæн, уый. Фæлæ йæ Дæгка бафиппайдта. — Лæппу, æмæ ды та? Дæу дæр хонын хъæуы? — Мæнæй уын ницы æмбал ис, кæстæр дæн æмæ мын сымахимæ бадын нæ фидауы, стæй ма мæ æхсызгон хъуыддæгтæ ис. — Æмæ кæстæр хистæртæм куы фæкæса фынджы бадты, уæд уый æвзæр у... Тыргътыл цæугæйæ Дæгка бафиппайдта, Залханы уаты цырагъ кæй сыгъдис, уый æмæ æнæнхъæлæджы бакастис мидæмæ. Залхан бадтис стъолы фарсмæ, йæ иу сæрыфахс йæ армытъæпæныл æруагъта æмæ уыцы æнкъардæй стъолмæ цавæрдæр фыстмæ кастис. Иæ сæрыфахс кæуыл æнцой кодта, уыцы къухы æнгуылдзты æхсæн ручкæ дардта æмæ уымæй бамбæрста Дæгка, кусгæ та кæй кæны, йæ ахуыргæнинæгты тетрæдтæ та кæй раст кæны... 156
3 Уынгмæ куыд рацыди Дæгка, раст афтæ æрбахæццæ Дзибусы машинæ æмæ Дæгкайы раз дзыхъурæд фæкодта. Машинæйæ рагæпп кодта Дзибус æмæ тынг зæрдæвæйлыдæй загъта: — Сбад æмæ цом, Дæгка... Фæстиатгæнæн нал ис. — Кæдæм цæуæм уыцы фæдисы цыдæй? — Хасмелмæ. Сиды нæм. Бауынаффæ нæ хъæуы. Нартхормæ иу бон дæр кæсæн нал ис. Кæд æй комбайнтæ тонынц, уæд комбайнтæй бавналын хъæуы, кæд уыдон ницы бакæндзысты, уæд та иæ тæккæ райсом бавналын хъæуы къухæй. Утæппæт нартхор миты бын куы фæуа, уæд ма йæ зымæджы чи æртондзæн? Дæгкайæн йæхицæн дæр бæлвырд уыд, хæстæгдæр бонты мит арф куы рауара, уæд стыр зындзинæдтæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ йæм диссаг нæ фæкаст, колхозы сæрдар афтæ катай кæй кæны, уый. Машинæйы куы сбадтысты æмæ куы ацыдысты, уæд Дæгка загъта: — Бæллæх у, бæллæх, рæстæг куыд раивдзæн, уый зонæм, фæлæ йæ адæмы пайдайæн куыд хуыздæр саразæн ис, уый нæ бон нæма у. Райкомы кæртмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм мидæгæй райхъуысти Хасмелы хъæрæй ныхас, бæрæг уыд — телефонæй дзырдта колхозы сæрдартæй кæимæдæр: — Машинæтæй дæр уæм фæкæсдзыстæм, фæлæ уæхимæ цыдæриддæр тыхтæ ис, уыдонæй тæккæ райсом февналут... Зымæг хинæйдзаг у æмæ рагацау йæхи чи нæ бацæттæ кæиы йе ’рцыдмæ, уыдоны раздæр дæр абæрæг кæны. Хасмел бадти йе ’стъолы уæлхъус, уыди фæлурс, фæлладхуыз æмæ цыма цавæрдæр низимæ тох кæны, хуыссæнмæ йын ласын нæ комы, афтæ зынд. Кабинеты уыди Сандыр дæр, уый бадтис иуварсырдыгæй диваныл. Бацæуджытæ салам радтой райкомы секретартæн, кæрæдзийы къухтæ райстой. — Бирæ ныхæсты бон нын нæй, хорз адæм. Куыд 157
цæттæ дæ нартхортонæн комбайнтæй? — баздæхт Хасмел Дæгкамæ. — Æрæджы сæ куы фæлвæрдтам, уæд нæм дæхæдæг дæр куы уыдтæ. Цыма кусынхъом цæттæ сты, афтæ нымайæм нæхирдыгонау. — Картофкъахæнтæ та? — Уыдон кусынц ныртæккæ дæр, ницы сын у. — Сæтгæ уын арæх кæнынц, сæтгæ, — райдыдта бустæгæнæгау Сандыр. Фæлæ йын Хасмел йæ ныхас айста: — Цæвиттон, дæ комбайнертæм ахсæв арвит адæмы, райсом боныцъæхтыл куысты куыд уой, афтæ, чи дзы кæцы колхозы кусдзæн, ууыл иубон ныхас кодтам. — Стæй аздæхт Дзибусмæ. — Дæуæн та куыдтæ сты дæ хъуыддæгтæ? — Тæккæ райсом мах къухæй тонынмæ дæр бавналдзыстæм, рæвдз нæм у алцыдæр. Фæлæ нæ уæддæр Дæгкайы æххуыс тынг хъæуы, кæннод нæ мит æнæ æрæййафгæ нæ фæуыдзæн. — Кæсут, кæнинæгтæ ма нын бирæ баззад, афтæмæй нæм зымæг куы æрæнцайа райсом, уымæй дæр тæссаг у. Цæут æмæ хуыссæджы сæр мауал райсут, фæлæ фæдисмæ æтшæт адæмы дæр сыстын кæнут. Райсомæй уæм æз дæр зындзынæн, — загъта фæстагмае Хасмел. Дзибус йæ машинæйæ МТС-мæ баласта Дæгкайы æмæ йæхæдæг хъæумæ атагъд кодта. Куыд æнхъæл уыдис, афтæ адæм хуысгæ нæма кодтой, фæлæ тигътыл къордтæй лæууыдысты æмæ æнæнцой ныхас кодтой. Арвы сау мылазон мигътæ æмæ сæ митхæссæг уазал дымгæ тас бауагътой. — Нæ нартхор ма чысыл зæнгыл куы алæууыдаид, уæд ын бæргæ хуыздæр уыдаид, — загъта иу колхозон, правленийы кæрты къордæй чи лæууыд, уыдонæй. — Ницы йын у. Къутуты бахус уыдзæнис, — æнæуи та йæ тых иууылдæр йæхимæ ис. Хуыцау нын сæ миты бынæй тонинаг ма фæкæнæд, уæд та комбайнтæ ницыуал бакæндзысты æмæ та нæхæдæг зымæг-зымæджы дæргъы быдырты сидзыстæм. — Нартхор миты бынæй дæр бæргæ скъахиккам. Фæлæ нæ дыргътæ ацы азы хуызæн никуы æрзадысты 158
æмæ ма афтæмæй сæ дыргъ дæр æмæ сæ сыф дæр сæ уæлæ сты. Уыцыхуызы сыл мит чысылдæр æрхауд, зæгъгæ, уæд сæ къалиутæ иууылдæр зæххы абаддзысты æмæ иннæ азмæ æиæ дыргътæй баззайдзыстæм. Уыцы ныхæстæ чи кодта, уыдонæн салам радта Дзибус æмæ сæ рæзты даргъ къахдзæфæй баивгъуыдта йæ кабинетмæ. Баййæфта дзы бригадирты се ’ппæты дæр æмæ парторг Хъазыбеджы. — Цы хабар у, Дзибус, Дæгкаимæ, дам, райкоммæ фæдисы цыдæй ацыдыстут? —- Æцæг фæдисы хабæрттæ ныл æрцæуы. — Уæддæр цы хабар у? — бафарста йæ, бригадиртæй Состык кæй хуыдтой, уый. — Рæстæгбæрæггæнæн бюро куыд хъусын кæны, афтæмæй æппæт республикæйы дæр тынг куы фæуазал кæна ацы хæстæг бонты æмæ арф мит куы рауара, уымæй тас у. — Æмæ уый базонынæн рæстæгбæрæггæнæн бюро цæмæн хъæуы? Иу хатт чи федта зымæджы, фыццаг мит уарын куыд райдайы, уый, уый йæ фындз дымгæмæ бадарæд, арвмæ скæсæд æмæ йæ базондзæн.. — Ам уæ кæй æрбаййæфтон, уый тынг хорз у. Тæккæ райсом нæ сæумæцъæхæй нартхор тоныныл æрлæууын хъæуы. Комбайнтæ кæм тондзысты æмæ сымахæй чи кæм тондзæн, уыдæттæ нын бæрæггонд сты. — Мæнæ нæ Хъазъибег фæдиоы æмбырд æрбакодта, — загъта Состык. — Гъемæ йæ фæдисы рæстæгыл банымайæм æмæ цо’хМ, нæхи бацæттæ кæнæм. Фехъусын кæнут æппæт адæмæн дæр, зæгъут сын-иу, бюро цы бæрæг кæны, уый дæр æмæ сæхи фæрæвдздæр кæной. Бригадиртæ адæмæн фехъусын кæнынмæ ку,ы ацыдьпсты, уæд кæрæдзийæн хæрзизæр за^гьтой Дзибус æмæ Хъазыбег дæр, æмæ ма иу фæйнæ минуты арæдзæ’мæдз кæныны охьм «ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Дзибусы фи’стæлæй цæуын фæндыд «аамæ йæ’ шофыры ауагьта, æрмæст ын бафæдзæхста, райсомы йæм боныцъæхтыл куыд фæзына, афтæ. Уазал дымтæ цавта Дзибусы цæсгом, ноджы куыд бафиппайдта, афтæмæй ко1Мы гаф дæр тыхджындæрæй зындис. Дымгæйы уазал уыйбæрц хъыг нæ уыдис, фæ159
лæ йæфæдыл цытæ æрбаласпнаг у, уыдоны тасæй риссыйæ зæрдæ. Уæлæмæ арзмæ скаст. Æхсæвы тар æмæ мигъты мылазон сиу сты æмæ бæстæ бынтондæр нынтъыснæг кодтой. 4 Иæ хуььесæныл йæ сæр æруагъта, афтæмæй касти Алтсджы писмо Данел. Скъолайы ма куы ахуыр кодта Алтег, уæд раст æмæ тынг рæсугъд фьгста. Фæлæ нозтыл куы фæцис, уæд йæ фьгст дæр схæццæ-мæццæ, цьша-иу уый дæр расыггаэнаг уыд æмæ цудтытæ кодта, уыйау. Фæлæ та ныр, Дапел æй куыд федта писмойæ, афтæмæй йæ гаччы абадт. Гъеуымæн æхсызгонæн касти йе ’рдхорд Алтеджы фыстытæ. «Мæ зынаргъ Данел! Зæрдиаг саламтæ дын нæ зымæгон цæрæнтæй. Куыд цæрæм, цытæ архайæм, уымæй нæ куы фæрсай, уæд цæрæм фиййауы цардæй: тьигъд быдыртæ, нард фосы дзугтæ дæ алыварс, кæдæмдæриддæр акæоай. Дæ уæлæ дар-гъ хъуынджын худ, ^сатæгсау фæтæн уæхскджын нымæт æмæ хъарм фæсалæй сæ тæккæ дзаг æрчъиаг дзабыртæ, кæд дæ фæнда — цырыхъхъытæ. Цы чыэджы зæрдæмæ нæ фæцæудзæи ахæм лæппу?! Иунæгæп лæууыс дæ бирæ фосы дзулимæ æмæ дыл худгæ дæр ничи кæны, уайдзæф дæр дын ничи кæны. Фыстæ сты æмæ уыдоны уыдæттæм не ’вдæшы, хизынц сæхнцæн æнцад æмæ сын ды фиййау дæ, сæ хицау дæ, уый хъуыды дæр нæ кæнььнц. Æрмæст сæ исчердæм •куы здахай, уæд дæ бамбардзысты æмæ аздæхдзысты. Фæлæ <мæ дзуджы ахæм цæу фæцие æмæ йæ уалдзæгмæ кæнæ маргæ акæндзыпæи, кæнæ мын исты фыдбылыз сараздзæн. Дзуджы фыстæ уььмæ йедтæмæ ни«кæмæ хъусынц, уый кæдæм фæраст уа, уырдæ1М фыстæ дæр æмæ сын бауромæн нал вæййы. Уæд æй иу хатт ауагътоп йæхи бар æмæ мын мæ фос тыпг дард акодта. Дыууæ изæрастæу фос сындæггай хизгæ раздæхтон уæтæртырдæм. Æвиппайды фыстæ иуырдыгæй фефсæрстой æмæ мæнырдæм æрбакалдысты. Кæсын, æмæ, дын, мæ цæу, Бодз æй хонын, тæрсгæ нæ фæкодта, фæлæ йæ 1''0
сыкъатæ размæ сарæзта æмæ гæпп-гæпгæнгæ размæ цæуы. Кæд йæ бон ницы бацадаид, уеддæр фосы сæрыл схæцын йæ царды хæсыл банымадта. Мæнæн мæ лæдзæг йедтæмæ мæ къухты ницы фæци, топп мæ цæмæн хъæуы, куы ни-куы мыл ницы æрцыд, уæд æй дзæгъæпьг уæзæн цæмæн хæссон, зæгьгæ, йæ нал хастон. Мæ зæрдæ фехсайдта, кæд дзы бирæгъ ис, зæгъгæ, æмæ æз дæр мæхи уыцырдæм ауагътоп. Кæсын æмæ дьш æцæгдæр дьшджыр бирæгъ мæ фыстæй иумæ уы-циу лæбурд фæкодта, ныххæцыд ыл бæрзæйырдыгæй æмæ йæ зæхмæ нылхъьивта. Мæ амондæн æм йæ къæдзилырдыгæй цыд фæдæн æмæ мæ нæ федта. Иуцъуодуг лæугæ баззадтæн æмæ ахъуыды кодтон: йе уæууæй, Алтег, дæ фысы дын бирæгъ дæ тæккæ раз хæрдзæн æмæ де ’стыр худинаджы ’кой мыотапмæ баззайдзæн. Лæдзæг уæддæр та лæдзаэг у. Фæлæ лæг йæхицæн куы фæтæрса, уæд йæ къухы лæдзæг дæр сармадзан фесты. Айтæ-уьгйтæ нал фæкодтон, фæлæ йын уæззау лæдзæг йæ тæккæ астæуыстæгыл æруагътон. Бирæгъ фæуадзыг, æрхаудта, фæлæ уайтагъд базмæлыд. Куы та сбирæгъ уа, зæгъгæ, йын йæ фæстаг къæхтæм фæлæбурдтон æмæ йæ уæлдæфы зилын байдыдтон. (Данел ма хъуыды кæны, уыцы хабар фыццаг хатт хъæумæ куы сыхъуыстис, уæд Алтеджы стыр хъæбатырыл куыд банымадтой æмæйæм писмо куыд ныффыста, уый. Ноджьг дзы куырдта, дæ хабæрттæ мæм дæхæдæг ныффысс, зæ^гъгæ). 3/илын æй баидыдтон, уæдæ, ма зæтъын Гиæ сæр куы разила, уæд æй исты амæлттæй мæрдты бæстæм бахæццæ кæндзынæн. Фæлæ мæхицæн дæр мæ оæр зилын райдыдта. Ай дын дыууæрдæм бæллæх. Мæхи сæр раздæр куы разила, æмæ куы ахауон, уæд мæ хæдмæлы хæрд куы бакæндзæн. Æнæ зилгæйæ та йын суадзæн на-л уыдис, цавæр цæф æруад йæ астæуыстæгыл, уый æз цæмæи’г зонын. Уæд мæм æвæджиауы хъуыды фæзынд: бирæгъььиу зилгæ-зилыны, херыгæнæгау уæллоз систон, стæй та-иу æй дæлæмæ æруагътон æмæ — зæкхыл пъортт. Æртыккаг цæфæн бирæгъы дзыкæй туг акалдис. Дыууæ цæфы ма йæ куы æркодтон, уæд нуæрттæ алæмæгъ сты æмæ нвæзæгау ’акодтоп. Уæдмæ мæхæдæг 11 Адæч адæч сты 161
дæр ныццудыдтон æмæ ахаудтæн. Зæхх мыл зылдис æмæ кæдæмдæр тылдтæн. Стæй мæ сæры зылд банцад. Фыстæ, Бодз сæ разæй афтæмæй, иуварс лæууыдысты æнгом дзугæй. Мæ бынатæй сыстадтæн, оистон фысы «мæ хъæбысы æмæ мæ фосы разæй рацыдтæн, бирæгъы 1мард та 1мæ фæдыл раластон. Æгæр ныддаргъ кодтон мæ бирæгъы хабар. Гъе, афтæтæ цæуы нæ цард гыццылтай, мæ зынаргъ Данел. Нæхимæ сыгъдæг хъарм уаты цæрын, хъæстытыл зилын æмæ чызджыты дзæбæхдæртимæ кафын бирæ æнцондæр у. Фæлæ мæнæн уый гæнæн нал уыд æмæ ардæм кæй рафтыдтæн, уый уыдис <мæ ирвæзынæн хос. Уый тыххæй дæуæй дæн бузныг. Ам 1мын мæ цардыл ахъуыды кæныны фадат фæцис æмæ бамбæрстон уьщы æнæхаиры нозт мæ æрра фурдау «куыд ласта, æз та ма дзы ноджы мæхи ауагьтон. Æгады бынатмæ æрхаудтон, уый тыххæй суанг Суццатæ æмæ Захарты æмдзæхтон сдæн, раст цард рестораныл баивтон, суанг ма... Ехх, мæ мады рынчындоны хабарыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ цæстытæ цæхæртæ якалынц. Мады цæф... Уый мын асаста мæ зæрдæ, кæд дзы, миййаг, æпньшдæр аххооджын нæ уыдтæн, уæддæр. Мад, мæгуыр, мæ цæрайæ цард, афтæмæй мæ сидзæргæоæй схаста. Куыста, адæймаджы бон кусын цæйбæрц у, уыйбæр’Ц æмæ <мæ дардта дарæсы æмæ хæринаджы дзæбæхæй. Суанг ма йæм-иу сабатизæр уæлмæркдты цы къæбæртæ æрхаудта, уыдон дæр мын йемæ хаста, цæмæй йын фылдæр ахæрон æмæ йын дзæбæхдæр айрæзон. Р1æ царды æппæт мæт æмæ сагъæс дæр æз — йæ иунæг фырт уыдтæн. Æмæ йын кæд хорз нæ бафыстон йæ хæстæ... Ехх, уыцы изæр фыццаг арахъхъ куы банызтон, уымæй минут раздæр мæхи куыд нæ Я1мардтон. Цæмæ дæм фыссын уьпдæттæ? Ам иунæгæй куы аззадтæн, мæ нозт куы ссыд, уæд бамбæрстон, цы æгад■мæ мæ æркодта нозт æмæ цы худинаджы бынаты абадтæн, уый. Мæ царды уьицы æгады къæпхæн фæцис æмæ йæм фæстæмæ никуыуал раздæхдзынæи. Фæлæ мын уæддæр царды цы фæндаг нысангоид уыд, уым бирæ цæлхдуртæ февæрдта... 162
Куыд рæсугъд-иу ныв кодтон æз мæ фидæны цард Зæлинæимæ. Хъуыды ма йæ кæндзынæ, фьщцаг хатт æй куы бауарзтон, уьцй. Æхсæзæм къласы ахуыр кодтам уæд. Уарзондзинад цы у, уьгмæн цы æмбæрстон? Фæлæ мæ зæрдæмæ цыди. Æмæ йын фыщцаг хатт дæхи раз загътон: — Зæлинæ, æз дæ бирæ уарзын. Ды мæ нæ уарзыс? Чызг мæм тарст каст æрбакодта, стæй ныккуыдта æмæ загъта: — Сидзæр дæн, мæ сæрыл чи рахæца, уый нæй æмæ мæм ахæм æнæуаг ныхæстæ кæнын алы æнæгъдау лæппу дæр уæнды. Æз æй цæмæй бафхæрдтон, уымæн ницы бамбæрстон æмæ йæм мæхæдæг дæр дискастгæнгæйæ баззадтæн. Фæтæригъæд ын кодтон, фæлæ -м-а ме ’дыльг рæдыд куыд сраст кодтанн, уымæн ницыуал зьидтон æмæ цавддурау лæууыдтæн. Ды мæ асхуыстай, схъæртæ мыл кодтай: — Айс дæхи ардьглæй! Кæд йæ фыд ш нæй, кæц ын мад æмæ æфсымæртæ нæй, уæддæр Зæлинæйы мах æфхæрын никæмæн бауадздзыстæм. Стæй чызгмæ дæхи бахæстæг кодтай, зæрдæтæ йын бавæрдтай æмæ йæ басабыр кодтай. Æз та мæ лæппуйы зæрдæйæ катæйтæ кодтон, кæд мæм Зæшинæ æнусмæ фæхæрам, никуыуал мæ бауарздзæн, уымæй тæрсгæйæ. Сьгвæллон ма уыдтæн, фæлæ уæддæр æмбæрстон æнæ Зæлинæйы уарзгæйæ мын цæрæн кæй нæй, мæ эæрдæ кæй ныххус уыдзæн, уый. Куыдфæстæмæ æрфидыдтам, кæй зæгъын æй хъæуы, де ’ххуысæй, æмæ та схæлар стæм. Æз нæ, фæлæ-иу йæхæдæг дæр тырныдта, æз цы къорды уьидтæн, уырдæм æмæ мæнмæ хæстæгдæр цæмæй уа, уый йæ фæндыд. Нæ хæлардзинад бонæй-бонмæ тыхджындæр кодта æ^мæ фæстагмæ кæрæдзийы бауарзтам æцæгæй. Рæсугъд нывтæ арæзтам нæ сонты бонты фидæны цардæн: Зæпинæ каст фæуыдзæнис институт æмæ дохтыр суыдзæн, æз та инженер. Зæлинæйæн сæххæст йæ фæндон — бацыдис мединстнтутмæ. Æз та нæ бахаудтон æмæ... Дæс азы фæцахуыр кæн, аттестат дæм уæд, афтæ163
мæи ма рувæнæй æрцæв-æрцæв кæн, уый мæ сæрмæ нал хастон. Æниу рувынмæ дæр æмæ иу куыстмæ дæр, æвæщцæгæн, арæхсгæ дæр не ’окодтаин, уьимæн æмæ <мæ райгуырьшæй ме ’охъомылы бонтæм иу хуызы кусæндзаума дæр мæ (къухы нæ уыд æмæ дзы никæцыимæ арæхстæн. Кусæндзаума райсынвæнд куы скодтон, уадмæ та æгæр байрæджы, мæ астæу ныкхуьгскъ æмæ фæтасын нал куы/мдта... Æмæ афтæ райдыдта мæ ницæйаг цард. Цыма мæ бæрзæйыл дур баст уыд, афтæ мæ дон йæ бынмæ ласта, уæлдайдæр та Суццайы æм’бæлтгимæ куы базонгæ дæн, уæд. Цы куыстаин, мæ сæрмæ ницы куыст хастон, æмæ горæтмæ фæцахуыр дæн, мад мæ æхца хъуаг нæ уагъта. Горæты дæр дзæбаэхтимæ нæ уыдтæн, гæбæр бæх, дам, гæбæр бæкы ныхы. Уьщы магусатимæ ресторантæм цæуыныл фæцахуыр дæн æмæ мæм уый хорз касти. Уæддæр æмбæрстон — адон, чи \мбæлы, яхæм адæм не ’сты, фæлæ сыл баныхæстæн æмæ хъуыды ницæуылуал кодтон. Уæддæр мæм-иу диссаг касти, уьщы адæмæй æрмæст иунæг кусы шофырæй, æндæр иннæтæ куы никуы кусынц, уæд афтæ нарахатæй кæцæй скалынц алы хатт дæр дæсгай тумантæ. Уыйфæстæ йæ базыдтон: уыдон уыдысты давджыты æмæ стигъджыггы къорд, Суцца та (оæ хицау, шофыр та сын æхсæвыгæтты1, хъæуты цы щæттæ кодтой, уыдон горæтмæ ласта. Сэйхи та «!цæттæ1гæнджытæ» хуыдтой. Мæн дæр кодтой сæ куыстмæ, фæлæ сын не ’сразы дæн. Уыйфæстæ нозт нозты фæдыл, загъд загъды фæдыл æмæ дын мæнæ йæ кæрон’бæттæн — фæндаг фаздзæгъæл. Ныртæккæ сфæнд кодтон иу хъуыддагыл ньмлæууын. Зондзынæ фосы дохтыр Андрей Ивановичы. Уый нын нæ сыхаг колхозимæ иумæйаг дохтыр у, махимæ цæры, гъемæ сфæнд кодтам, цæмæй нæ уый чысылгай йæ дæсныдзинадыл ахуыр кæна, уыйфæстæ институтмæ специалисттæй цæмæй бацæуæм, уый тыххæй. Цæй æндæр ницуал фыссын, мæ пиюмо æлæр ныддаргъ. Куы ссæуон, уæд фæбаддзьгстæм æмæ фæныхас кæндзыстæм, хъуамæ .алцыдæр кæронмæ бамбарон, де ’ххуыс мæ тынг хъæудзæн. Саламтæ нæ хæлæрттæн 164
сегасæн дæр... Зæлинæйæн дæр... Кæд ма сæ бакома, уæд. Уьпмæ дæр ныффьиссынмæ хъавын. Цæй, хорз уал байрай, æвæвдæгæн нартхор тоньшмæ дæхи цæттæ кæныс? Алтег». Данел пиомо батыхта æмæ йæ йæ разы стъолыл æрæвæрдта, стæй йæхи базыа æруадзынмæ куыд хъавыдис, афтæ дуар бахостæуыд. Данел фестад, дуарæй акастис æмæ бафарста: — Кæцы дæ уый? Мидæддæр нæм рацу. — Данел, нæ1ма схуыссыдтæ? Хорз дыш æрцæуæд,— фехъуыст æм талынпæй Дæгкайы ньгхас. Дисы бацыд, ахæ!м афон оæм Дæпка йæкæдæг цавæр ахсджиаг хъуыддаджьг фæдыл æрбацыд, ууыл æмæ йæ-м згъорæгау рацыд. — Дæ рын бахæрон, Данел, уыныс, арв йæди куыд хъулæттæ кæны, уый. Рæстæгбæрæггæнæг бюро куыд дзуры, афтæмæй ноджы куьг фæфыддæр уа, уьимæ(й тас у. Æвæвдæпæн мит ныууардзæн æмæ нартхæрттæ æмæ картæфтæ æнæфснайдæй зайдзысты. Райсом нæ комбайнтæ тонын райдайой, зæгьгæ, суынаффæ кодтам æмæ фехъусын кæнын хъæуы комбайнертæн. Къанторы никæйыуал ссардтон, кæй сæм рарвыстаин, ахæм, æмæ дæуыл м,æ фæадаг ракодтон. — Уый 1мæ бар уадз. Æз сын ныртæжæ фехъусын кæндзынæн.—Æмæ Дæгка куы ацыд, уæд Данел уайтагъд йæ дзаумæттæ кæнынмæ фæци. 5 Иу афон Дæгка фехъал æмæ цырагъы рухомæ йæ сахатмæ æркаст. Уыдис æхсæзæм сахат æрдæг. «Ацы афон хъуамæ комбайнтæ фæндагыл уой... Цьгмæ комбайнертæй иокæйы не ’ссардта Данел?» — ахъуыды кодта уьий. Æрыгон лæппуйау рог фестад Дæгка, йæ дзаумятæ акодта, йæхи ахсадта æмæ бадзьпрдта: — Зæлинæ, нæма райхъал дæ? — Хъал дæн, баба, сыстон? 165
— Ды уал хуысс, æз мæ куыстмæ цæуын. — Уанцон раджы нæу? Куьют уын куы ницьима ис. — Ис, ис, стæй бирæ куыст. Дьгсон мын ме ’рбацыд нæ базыдтат æ.мæ хъуыддæгтæн дæр уььмæн ницы зонут. Абон нартхор тонын райдайдзыстæм. Афтæ бауьшаффæ кодта^м. Дæлка йæ машинæмæ адзурынмæ хъавьидис, фæлæ шофырæн дьгсон нæ загъта, афтæ раджы кæй хъæудзæн, уып, МТС-ы хъуамæ мама уа. Æмæ йæ æниу дылæй-.’ардæм машинæ цæмæн хъæуы? Стæй фистæгæй цæуын бирæ уарзта, цьша дзы йе 'уæн'г æнæниз æмæ фидар кæны, афтæ йæм касти. Æмæ фистæгæй рараст, фæлæ дуармæ йæ размæ лана фæцис: — Уæртæ лæппу, æххормагæй та мя ацу. Джихæй кæсгæйæ йæм баззад Дæгка. Зæлинæимæ кæй ныхас кодта, уый тьгххæй райхъал æви куыд раджы сыстад? Нæ, йæ дзауматæ афтæ тагъд нæ а<кодтаид, стæй йæ къухтæ къуымæйладжы æнтуанæй ахуырст уыдысты æмæ кусгæ кæй кодта, уый бæрæг уыд. — Нана, тагьд хъуыддаг мæ ис æмæ йæ ныртæккæ куыддæр акæнон, афтæ хæрынмæ фездæхдзынæн. Нана йæ фæдыл æнцад фæкастис дзæвгар æмæ загъта: — Афтæ куы хæрат æмæ афтæ куы кусат, уæд мын фондзыссæдзгай æмæ æхсæзфондзьюсæдогай азтæ куыд нæ ’фæцæрдзыстут! . Дæгка цыдис уæззау ,æмæ даргъ къахдзæфтæй МТСырдæм. Дьимдта иугæндзон уьщы уазал миты дымгæ. Арв уьщъг саухъулæттæй лæууыд, кæд ма талынг уыд, уæддæр хъæу иууылдæр æмызмæлд кодта. Æппæт хæдзæртты дæр сыгъдысты цырæгътæ. Бирæ хæдзæртты трубатæй калдис цъæх фæздæг. Дæгкайы рæзты æрбаивгъуьгдта нартхортонджытæй йæ тæккæ дзаг машинæ. Фарæты рухсмæ йæхæдæг нæ федта, чи уыдысты, уый, фæлæ йæм машинæйæ хъæр кодтой: — Дæ райсом хорз, Дæгка! Дæгка дæр сæм йæ къух батьплдта, кæд æй уыдон нæ федтой, уæддæр. Тас бацьгд Дæлкайы, цыма æлæр хуысгæ аззадис, 166
æм«æ байрæджы кодта, афтæ йæм фæкаст, ада&мы афтæмæй куы федта, уæд. «йе, уæууæй мæнæй уый, колхозон адæм цы зæгъдзысты, уыдон нартхор куы тоной æмæ æрæджиау комбапнтæ сæ рæзты куы бащæуой, уæд. Хæсты дыл ахæм бонтæ куы никуы скодта, уæд дыл ныр хуыссæг цæмæн фæуæлахиз, зæгъгæ, нæ зæгвдзысты?»—.акъуьь ды кодта йæхнньимæр Дæгка æмæ йæ къахдзæф фæдаргъдæр æмæ фæтагъддæр кодта, хъæуæй ахызт, æрбазынд æм МТС. Йæ зæрдæ тынгдæр фехсайдта: куыд æм зындис, афтæмæй МТС-ы кæрты нæма ссыгъдысты комбайнты рухсытæ. «Ау, æмæ уый та куыд? Комбайнертæн нæ фехъусын кодтаид дысон Данел? Нæ, уый ахæм лæппу нæу. Уæдæ комбайнертæ куы фохъуыстаиккой, уæд куыннæ рацыдаиккоп? Æмæ дзы иу, кæнæ дыууæ ма рацæуæд, фæлæ...» — афтæ сагъæстæгæнпæ тагъд кодта Дæгка æмæ йæ катай фæсабыр, МТС-ы дуармæ куы бахæццæ æмæ рухомæ комбайнты фæд куы федта, уæд. Æмæ йæ катай бæргæ æрæнцад, фæлæ та йæхимæ фæци — цæуылнæ æрбаййæфта камбайнерты æмæ сæ йæхæдæг цæуылнæ афæндараст кодта. — Цы хабæрттæ нæм ис?—бафарста Дæгка МТС-ы кусджытæй иуы, кæртмæ куы бахызтис, уæд æмæ комбайнты рæнхъ кæм уыд, уьщырдæм бакаст. — Хорз йедтæмæ ницы. Комбайнертæ оуанг æхсæвæй фæзындысты, дæхæдæг, да>м, сын бафæдзæхстай, зæгъгæ, æмæ уайтагъд сæ комбайнтыл фесты. Чи сæ куыд рæвдз кодта, афтæ цыдис быдырмæ. Фæлæ сæ чи кæм тондзæн, уый сын бæрæг у? — Уьш сьгн хорз бæрæг у, рагаай дæр, бæрлæ. Фæлæ ма а-м исчи ис? — Дæ шофыр дæм æнхъæлмæ кæсы. Уый дæр раджы æрбацыд. — Уый та ноджьгдæр хуыздæр. Молодец! — загъта Дæгка æмæ ацыд къантормæ... йæ шофыр Гальгкк ныллæджытæ, къæсхуыр лæппу, лæууыдис телефоны раз, бæрæг уыд, кæдæмдæр адзурынмæ хъавы, уый. — Цы кусыс уьий ацафон ам? Дысон дын куы ни|цы загътон, — бафарста къахæгау Дæгка. 167
— Ды мын нæ загътай, лæджы рох дæр фæзæййы, фæлæ комбайнерты хабар куы базьгдтон, уæд мæхинымæр ахъуыды кодтон, уæдæ кæд ахæм хъуыдааг у, уæд дзы æз хъуамæ иуварсырдыгæй куыд баззайон æмæ семæ æрбацыдтæн. — Молодец, Гальгкк. Æщæт тынг хъæуыс ды дæр. Æз ма мæхимæ дæр хæцыдтæн, зæгъын, дьгсон ын ницы загътон æмæ не ’рбацæудзæн. — Æз та уæдæй нырмæ телефоны къæлæсмæ кæ■сын, «æд исты зæгъид, зæгъгæ, фæлæ ницы дзуры. — Гальгкк бахудт æмæ ма загъта:—Данел мæ нæ бауагъта хуыссын. — Йæхæдæг та æппæты разæй фæраст уыдаид, — цыма дзы æппæлгæ кæны, ахаам хуызы загъта Дæгка. — Артæй уæлдай нæу. — Нæ, ацы хатт, цалынмæ иннæты комбайнтыл æрзылдис, фæрæвдз сæ кодта, æмæ сæ арвыста, уæдмæ нæ ацыдис. Æрмæст Цæрайы комбайн цьпдæр тæргæйттæ кæнын байдыдта æмæ оын æрæгмæ сцæттæ, фæлæ уæддæр раджы ацыдысты, талынг ма уыдаид, афтæ æрлæууыдаиккой хъуамæ сæ тонинаг хæйтты кæрон. «Цæвиттон, æрмæст йæхæдæг нæ тырны размæ, фæлæ æнæхъæн коллектив дæр æмхуьгзон раэмæ куы нæуиккой... Цы бынат бацахстаид афонмæ, институт афоныл каст куьг фæцадаид, уæд?» — ахъуыды кодта Дæгка, стæй хъæрæй загъта: — Дæхи машинæ та куыд у, Галыкк, цæттæ у? — Цы цæттæ йæ хъæуы? — Цом уæдæ, мах дæр кусæг адæммæ акæсæм, кæддæра куыдтæ цæуынц сæ хъуыддæгтæ? Ам нын ацы раджы Н’ицы куыст ис. Сæ машинæ уади над фæндагыл, фыццаг карст мæнæуы хæтæлты æхсæнты, уыйфæстæ иуырдыгæй картæфты, иннæрдыгæй халсарты, пъамидорты, къабускаты æхсæнты. Картофкъахæнтæ кусгæ куы ауыдта Дæгка, уæд фьщцаг бауроминаг нæ уыдис — знон дæр ма сæ федта æмæ æнæкъуылььмпыйæ куыстой. Фæлæ уæддæр нæ фæлæууыди директоры зæрдæ: — Бауром-ма, — загъта Галыккæн æмæ машинæйæ рахызт. Иæ рæзты æрцыдис иу уæзласæн машипæ æмæ йын фæндаг радта. Машинæйы фæстæ куы акаст, 168
уæд æм дзы гуыффæйæ фæзындис нартхоры урс-уроид бæ|рзонд кæри. Æхсызгон ын уыдис, фæлæ ахъуыдьг кодта: «Гуыффæтæ та æгæр дзаг нуы нæ кæниккой, кæннод нартхæрттæ згъæлгæ цæудзысты суанг элеватормæ», æмæ фæндаджы фалемæ, картофкъахæн кæм куыста, уырдæм араст. Уыцы хайы куыста Батыры картофкъахæн. Машинæйы фæстæ зади сыгъдæг, рæсугъд буар кæмæн уыд, ахæм несийыйас картæфтæ æмæ сæ зæхх бур-бурид адардта. Иæ мидбылты бахудтис Дæлка. Уæдмæ картофкъахæн йæ размæ æрбахæщцæ’æ’мæ Батыримæ кæрæдзийæн салам радтой,* стæй йæ Дæгка афарста: — Цæй, дæ хъуыддæгтæ куыдтæ цæуынц, Батыр? — Куыд дын дзьр зæгьон, нæ зонын — æмæ машинæ æрурæдта, æргæлп кæнынмæ хъавыдис, фæлæ йæ Дæгка нæ бауагъта æмæ уæд машинæйы бадгæйæ загъта: — Дзæбæх цыма цæуынц нæ хъуыддæггæ. Зæхсшмæ афтæ баныхас кодтам — картоф оадзлæ æмæ1 кусгæ мах бакодтам, зайын та йæ зæхх æркодта æмæ йе ’мбис мах, йе ’ннæ æмбнс зæххы. Дæлка нышудтис æ’мæ уый дæр худæн цыргъ ныхас зæгъын бафæндыд. — Ныхас раст бакодтат, фæлæ дзы уаргæйæ уæхирдыгæй фылдæр куы фæкæние, уæд уьгй зæххæн дæр æ-м,æ махæн дæр хуыздæр уаид. — Æз дæр бæргæ афтæ хъуыды кæнын, фæлæ æдзух мах куыд хъуыды кæнæм, афтæ нæ рауайы. — Батыр бахудт, бавнæлдта машинæйы рычагмæ æмæ уый дæр араст. Фæндагыл арæхæй-арæхдæр уадысты урс-урсид ставд нартхорæй се ’дзаг машинæтæ æмæ Дæгкайы зæрдæйæн æхсызгон уьгдысты. Фаэлæ иу ран фæндагыл, иу цалх ныххауæн дзыхъхъы раз, æртæ æфсиры федта æмæ бахъуыр-хъуыр кодта: — Уайтагъддæр æй зьгдтон, машинæтæ æгæр дзаг кæй кæнынц æмæ нартхæрттæ фæндæгтыл кæй фæкæлдзысты, уый. Галыж зьгдта, Дæлка МТС-ы кусджыты бæрæг кæнын цæмæй райдайдзæн, уый, æмæ машинæ сындæг ауагъта. Æмæ йæ Дæлка дæр нæ хъыгдардта: Галыкк 169
зоны, сæ нартхортонæнтæ каамыты кусынц, уый æмæ йæ дзы кæдæм фæнды дæр баласæд, цы уæлдай йьгн дзы ис. Данелы комбайн æм куы æрбазынд, уæд дисы бацыд, лæугæ цæмæн кæны, ууыл. «Ау, æмæ ма кæд Данелы ’машинæ дæр лæугæ кæны, уæд ма иннæтæ цы кæндзысты? Нæ, фæлæ ма кæд нартхор цъæх у æмæ ма ЙЫ’Н тонынæн раджы у», — ахъуыды кодта Дæгка. Куы бахæццæ сты комбайнмæ, уæд йæ разы иунæгæй лæууыдис Дзибус, цыма йьгн хъахъхъæнæг уыд, афтæ. Бынаты нæ уыдысты Данел дæр æмæ йе ’ххуысгæнæг дæр. — Цы хабар у ай, Дзибус? — бафарста йæ Дæгка. — Ницы уыйбæрц æвзæр хабар. Уæртæ Цæрайы мапьинæ цыдæр хуызæн тæргæйттæ кæны æмæ Данелы уьгрдæм арвьгстон, фæкæсут æм, зæгъын, æмæ йæ тагъддæр ацалцæг кæнут. — Ома, иу машинæ кæй лæууыдис, уый æгъгъаэд нæ уыд æм-æ дыууæйы дæр баурæдтай, — хъазгæйæ йæ ф-елхыскъ кæнынмæ хъавыдис Дæпка. — Æмæ уæддæр уый пайдадæр у. Цæра йæхæдæг куы агура йæ машинæйы сахъат, йæхæдæг æй куы цалцæг кæна, уæд ыл схардз кæндзæн цьшпар-фондз сахаты, Данелы та зоныс æмæ йæ уый сахатырдæгмæ ацазттæ кæндзæн, — æвштпаиды йæ оакатмæ æркаст Дзибус æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта: — Нæ за^гътон. Дьгууадæс æмæ ссæдз минуты йедтæ’мæ нæма рацыд æмæ уæртæ æрбацæуы. Æцæгдæр хъæллæгъ кæм æрфæлдаахтой, уыцы фæндаггондыл æрбацæйæфсæрста Данел æмæ йæ фарсмæ сæпп-сæпгæнæгау кодта ньгллæджытæ нæлгоймаг — уьгй уыдис йе ’ххуысгæнæг. Цьвма сæ исчи худæджы тыххæй баиу кодта куысты, афтæ зынди. Фæлæ куысты иумæ хорз арæхсыдысты; Кæрæдзийæн салам куы радтой, уæд Дзибус бафарста Данелы: — Цæй куыд у? Фæрæвдзи? — Фæрæвдз, — æмæ ма хъазæн ныхасæй бафтыдта: — Сахъат дæр дзы уыйбæрц диссагæй ницы уыдис, цъæхгомау нартхоры хæтæлæй машинæ фæцъæхдæндаг. 170
Данелы ныхæстыл иууылдæр ныкхудтысты. Стæй лæппу йæ комбайнмæ куы оцæйхызт, уæд ма йæ Дæгка афарста: — Æдæг исты эæрдæхсаинаг у? Уæд меканикмæ фæдзурæм. — Нæ. Бензин мотормæ фаг нæ цыд. Азылдтытæ йæм кодтам æмæ ныр дзæбæх кусын райдыдта. — Йæхæдæг рьгчаг феахуыста æмæ дынджыр, уæйыгмашинæ фенкъуыст æмæ араст... Куыд æхсызгон вæййы колхозы сæрдарæн, æвæдза, колхозы тыллæг диссаджы хорз куы æрзайы, суанг корæй, дыргъæй, халсарæй, уæд уьщы аз. Фос дæр уæд бирæ нарддæр вæййынц. Ахæм тыллæгæн хорз, æнцад бур фæззæг скодта, зæгъгæ, уæд адæмы кусынæй, зарынæй æмæ изæрты кафынæй ничи бафсаддзæн. Гъо, гъо! Кафынæй, кафыны бар кæм уа, уым фæаивæд фæллад нæ зонынц. Фæлæ ныр дæр сæ сæртæ не ’руагътой. Æмæ кæд уазал дымгæ нæма банцад, арв йæхи хъулæттæ кодта, кæд .кусгæ кодтой, уыцы уазæдтты дæр сæ хид хъардта, уæддæр уыдон фæсивæдæн нæ урæдтой сæ циндзинад, сæ зард, оæ хъæлдзæг ныхас. Æмæ æнцон уыдис Дзибусæн дæр, йæ зæрдæ хъæлдзæг кодта, куыстытæ алы ран корз кæй цьгдысты, уымæй. Райсомæй Дæгкайæ куы фæхицæн ис, уæд зилгæ апыдис йæ куысты æппæт къабæзтьпл дæр: хъуамæ фена, зымæг æрбацæуы уыцы хæлæфгæнгæ æмæ йæм алыран дæр куыд цæттæ сты, уый. Цæттæ кæнын раджы райдыдтой, фæлæ адæймагæй цынæ ферох вæййы? Дзибус кæд йæ лæмæгъдзинад æмбæрста — сæ оцад, — уæддæр та йæ куыстытæ уынын мæргъты фер.мæйæ райды.дта. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды хъызт зымæг скæна, цыфæнды цъенгæ их ныууа цад, уæддæр хъазтæ æмæ бабызтæн уыйбæрц тæссаг нæу уазалæй, кæд ма сын донæй гом баззайа, уæд уым ленчытæ кæндзысты сæ зæрдæйы дзæбæхæн. Фæлæ сæм уæддæр фæкæсын хъæуы, миййаг сыл зæфцы фы171
дæй исты куы æрцæуа. Мæргътæ ахæм нард сысты æмæ мæргъгæстæ офæнд кодтой колкозы сæрдарæн иу бабыз аргæвдын. Кæд сын сæ ныхас нæ фехъуыста, уæддæр уый хъуыддаг бамбæрста æмæ сæ бакъуылымпы кодта. — Мæ мард фенай, Дзибус, бон-изæр1мæ быдырты .баззайут æмæ уæхи сыдæй амарут. Бауадз нæ æмæ дын нучысыл истытæ ацæттæ кæнæм... Уæртæ дзы двайнойы (хуызæн бадт арахъхъ дæр ис æмæ йæ махæй ничи нуазы, ацы уазалы дæ хъуыддаг ацыд. Нæ дæ бафæстиат кæндзыстæм, — дзырдта фермæйы хицау. — Кæд мæ æнæхæргæйæ *ауадзынмæ нæ хъавут, уæд ’мын тебæйы æрмæст дыууæ айчы цæппарут, æндæр мæ ницы хъæуы. Кæркдоны сæрмæ дьгууæ саст æмбæрзæн дуры федта æмæ сын бафæдзæхста, тæккæ абон сæ куыд сæвæрой, афтæ. Дуртæ зымæгон миты бын вæййынц æмæ сæ дон мизынæй уыйбæрц тас нæу. Фæлæ уалдзæджы мит ’куы тайа, уæд... Кæркдон алырдыгæй дæр æмкуызон тъæпæнгомау дывæрццыг уыд. Цæгатырдыгæй ных æмæ фарс бирæ хъармдæр кæнын хъæуы, дымгæтæ æппынæдзухдæр уырдыгæй цæвынц. Æппæт кæркдонæн дæр æмхуызон бæзджын æмææнгом дывæрццьиг окæнæн ис, фæлæ уæд та кæркдонæн йæ уæлдæф уæззаудæр кæны. Ахæм чысьгл цыдæртæ ац’амонын йедтæмæ дзы бирæ ницы хъуыдис æмæ Дзибус уайтагъд фермæйæ ацыдис. Силос кæм кæнынц, уый æмæ ма бирæ рæттæ бабæрæг кодта Дзибус æмæ сæ йæ зæрдæ ба|рухс. Алы ран дæр куыст цыдис, куьгд æнхъæл ын уьгдис, уьгмæй бирæ хуыздæр. Æрмæст ма йын Валяйы мæт йæ зæрдæ æлхынцъытæ кодта. Куыстытыл йæ цæст куы ахæсса, уæд ын горæтмæ æнæ суайгæ нæй. Ноджыма йæ дзы æндæр хъуыддæгтæ дæр ис. Ног нартхоры мыггаг, æвæццæгæн, тынг хорз у, фæл’варынмæ дзы цы байтыдтой, уый иу куыстæй æмæ иу уавæрты бæлвырд фылдæр тыллæг æрхаста. Æмæ баныхас кæнын хъæуы йæ мыггагæй йын фылдæр райсыныл. Ау, институт йæ шеф куы у, уæд ма уыдонæй хуыздæр кæмæн ратдзысты мыггаг? 172
Мииистрмæ дæр бауайын хъæуы... Сæ сындзджын къох сын цæгъдын кæнынц хуымы зæххæп. Æмæ уыцы хъуыды кæмæ æрцыд фыццагдæр, уый, æвæццæгæн, зæххæн æппындæр ницы æмбары. Уый Терчы раздæры цæуæнтæй у æмæ дзы хуыртæ йедтæмæ цæуыл фæхæца 1гутоны фындз, ахæм нæй. Фæкъаьхдзысты йæ æмæ йыл дзæгъæлы бирæ фæллойбонтæ бахæрдзысты. Уыйфæстæ хуымпæнды зæххыл ньлмад æрцæудзæн, æмæ йæ алы аз дæр кæнын хъæуы, алы аз дæр ын бынтон æнæпайдайæ фидгæ сты, хуьимзааххæн цьг фиддонтæ вæййы, уыдон. Дзибус йæхæдæг зыд у зааххыл, æмæ дзы хуым бакæн, уæд исты пайда æрхæсдзæн, зæгътæ, уæд хуым бакæнид Сæнайы хохы фæрстьгл дæр. Фæлæ ныццагътам пыхобын, уæд цæмæн бабæззид?.. Чи зоны... Правленжмæ уынаффæ ис хуытæ дарыны куыст фæтьгхджын кæныны тыххæй. Æ)мæ фер’мæйы ног агъуыстытæ уьгм аокъæр... Фæлæ уæддæр министрæн зæгъын хъæуы хуымзæххы ньимадмæ сын æй куыд нæ ахæсоой, афтæ. Кæд Дзибус ахæм хъуыдытæ кодта, уæддæр дзы нæ фæцух Валя, тæригъæд ын кодта, рынчындоны кæй ис, йæ удыл мæгуыры бон кæй акодта, уый тыхкæй. Æмæ иубон афæнд кодта. — Мæ дзаумæттæй ма .мьш исты авæр, нана, горæт1мæ суайон. — Дæ разы шифанеры цæттæйæ лæууьшц æмæ сæ райс, æз та дын хæринаг ацæттæ кæнон, — зæгъгæ, Буцинæ уæлартмæ фаэци. — Еих, нана, дæхицæн чындз хорз бацалуырдтан, фæлæ дæ дзы амонд нæ фæцис, — ныуулæфыд Дзибус дзаумæттæ шифанерæй исгæйæ. — Хуьщау мæ цы амондджын фаакодта, уый мæхи уæд, — ныуулæфыд Бунинæ дæр. — Мæ уд ын нывонд фæуа, йæхæдæг-ма .мы« йæ къæхтыл куы слæууид, æндæр мæ бæргæ ницыуал хорздзинад хъæуы. — Тæрсгæ ма кæн, нана, дохтыртæм бирæ хъару нс, сдзæбæх æй кæндзысты, — зæрдæвæрæн ныхас ын кодта Дзибус. — Абад æмж ахæр, лæгтпу, æхсæвьщъæхæй нырмæ дæхи сыдæн куы амардтап, уæд ма ныр дæр нæ хæ173
рыс? — бафарста мад йæ лæплуйы, кæртмæ фæраст уæвгæйæ йæ куы федта, уæд. —• Нæ зонын. Уæд та исты ахæрин, — загъта Дзибус, йæ худ рагъæныл æрцауыгъта, æмæ йæ цыма цы нæ фæнды, уый йын кæнын кæнынц, афтæ æрбадт. Буцинæ Ггын йæ разы хæринаг авæрдта, афтæмæй йын ныхæстæ кодта: — У-у-у, дæ фæхъхъау мæ вæронд уд фæуа, уьщы чызджы-иу бабæрæг кæн. Æгæр бирæ йæ ныууагътай æнæбæрæгæй æмæ йæ зæрдæ рисдзæн. — Гарæтмæ ’мæ хъуыддæгтæм суайын хъæуы, æмæ куыддæр феуæгъд уон, афтæ йæм бауайдзынæн. — Мæ уд дæ фæхъхъау фæуæд. Ды йæм куы нæ цыдтæ, уæд æй мæхæдæг абжраэг кæнинаг уыдтæн æмæ йын цыдæртæ бамбырд кодтон, фæлæ сæ ныр демæ аласдзынæ. Мæн тыххæй дæр-иу æй тынг бафæрс. Мæхæдæг дæр та йæ тагъд абæрæг кæндзынæн. — Æмæ йын æрвитгæ та цы кæныс? — Чысыл ма фæлмæн цы цыхт вæййы, акæм тынг бирæ уарзта, æмæ йын иу-дыууæ цыхты алас. Стæй уæртæ мыд, æйчытæ... 6 Корпусы раз та рацу-бацу кодта Гæбæти тамако дымгæйæ. Ацы хатт уыдис æнæдаст, йæ рустæ йын уæлæнгай сæхгæдта урс-урсид хил æмæ йæ уый æвдыста, цы уыдис, уымæй фыдхуыздæрæй æмæ зæронддæрæй. Дзибус æм куы фæцæйхæвдæ кодта, уæд æрлæууыд æмæ йæм бакаст. — Де ’зæр хорз, — сабыр ныхасæй йæм сдзырдта Дзибус, æвиппайды хъæрæй ныхасæй йын цыма йæ хъуыдытæ фæсурдзæн æмæ уымæй тарсти, уыйау. — Æгас цу, Дзибус! Куыд æрæгмæ нæм зындтæ? — Мæ аххос нæу. Куыстытæ мыл афтæ ныккалдтой сæхи æмæ дзы мæхи иу-дæс минуты ратонынмæ дæр нал сарæхстæн. — Цæй, ницы кæны. Ныртæккæ колхозы фæззыгон куыстыты тæккæ тымыгьы рæстæг у. Иу фæззыгон бон куы нæ фаацарæхсай, уæд де ’ппæт сæрды куыстытæ дæр фесæфдзысты. — Рынчын куыд у? 174
— О, уый ныр дзæбæхдæр у. Знон æвиппайды дзурын райдыдта æмæ ма къæзгæ кæны, фæлæ ныхас кæнын хорз фæразы. Стын дæр йæ бон у, фæлæ ма тæрсгæ кæны æмæ фылдæр хуыссæны вæййы. Дохтыртæ дæр зæгъынц, цæуын ын хуыздæр у, зæгъгæ, æмæ йæ æз палатæйы аракæн-бакæн кæнын. Знон æй кæртмæ дæр акодтон æмæ тынг дзæбæх цыд. йæ зæрдæ ныррухс, — рынчыны хабæрттæ Гæбæти афтæ зæрдиагæй дзырдта æмæ бæрæг уыд, йæ зæрдæйы цы циндзинад æ-мæ ныфс сæвзæрд, уыдон æй иокæмæн кæронмæ æмæ лæмбынæг адзурын кæ-й фæнды, уый. ^Дзибусы цæстытæ ферттывтой, цьима сæ арт ссыгъд, уыйау æмæ .ма æрмæст загъта: — Дзургæ... цæугæ... — Кæны, кæны. Цом-ма æмæ йæ фен. Зæгъгæ никуы ницы кодта, хъаст дæ ницæмæй кæны, фæлæ æнæ дæу цьима тынг æнкъард кæны, афтæ мæм кæсы. — Аххосджын дæн йæ раз.ы æмæ дзы цæмæй сраст кæнон мæхи? — Мæн дæр уыйбæрц нал æвдæлы йæ разы абадынмæ. Фæззæджы куыстытæ махæй дæр бирæ хъуыддазгаæ домынц æмæ нæ алкæйыдæр сарæксын хъæуы. Уæдмæ бахæщцæ сты палатæмæ. — Акса-ма, мæ тамако мæ къухы куы æрбахастон, æххæст æй кæронмæ адьимон, — загъта Гæбæти, дуарæй мидæмæ дæр нæ бахызт, афтæмæй æмæ тагъдгомау рацыд фæстæмæ кæртмæ. Дзибус уайтагъддæр фембæрста, лæг барæй кæй а*цыд æмæ йын Валяимæ кæрæдзиуыл ацин^æ кæныны фадат кæй дæтты. Æмæ дзы йæхинььмæр тынг разыйæ баззад. — Дзибус! — сындæггай одзырдта Валя. Бацыд æм Дзибус æнæдзургæйæ, ныхъхъæбыс ын кодта, стæй йын йæ былтæн адджын пъа ныккодта æмæ афтæ афæстиат сты. Р1æ рахиз къухæй йын йæ бæрзæй йæхимæ æрбалвæста Валя дæр. Йæ галиу къук дæр сисинаг уыдис, фæлæ æмбис фæндагыл дзæгъæл уæлдæфы ныллæууыдис æмæ зыр-зыр кодта. — Валя! Мæхи Валя! — сдзырдта Дзибус æрæджиау, йæ цæсгоммæ йын æдзынæг ныккаст, стæй йын йæ сæр йæ риумæ æрбалхъывта. Валяйæн йæ цæссыгтæ йæ уадултыл уадысты, — афтæ у сылгоймаг, хъы175
гыл дæр кæугæ кæиы æмæ циныл дæр. Фæлæ йын Дзибус йæ къухтьжæлмæрзæнæй йæ цæстытæ асæрфта æмæ йæ сабыргай бафарста: — Æ^мæ уæд кæугæ та щæмæн кæныс? — Амондджын та дæн абон. Мæ буар цыфæнды фæуа, уæддæр мæ ды кæй уарзьгс æмæ æз кæй уарзон, ахæм мын кæй ис, уьгмæй æз ныр æнусмæ дæр амопдджын дæн. Æрмæст уе ’ппæты дæр мæ рынчынæц хъизæмарæй марын æмæ мын хатыр кæнут, æндæр цы гæ1нæн ис. Бынтон хъизæмарæй та мæ зæронд фыды амардтон. йæхæдæг иунæг у, стыр куыстыты бацыдис, æз та ,ма йын уæлдай уæзы хос дæн. Уæдмæ палатæмæ æрбапыд Гæбæти дæр æмæ бандоныл æрбадт. Дзибусæн дæр йæ цæстыты уыдис дон, фæлæ худти æмæ йæ усы фарста: — Диссаг у, куыд дæм фæзынд ахæм æнамонд низ? К^æцæй йæ фыдбылыз æрбахаста? — Нæ зонын. Оихорыл нæхимæ къæбæр хæрынмæ æрбацыдтæн. Рыстис мæ сæр æмæ мæ буарыл тæфсæгау æркодта. Уый куы бамбæрста æфсин, уæд мæ тыхкæй охуыссын кодта. Æз уайтагъд афынæй дæн æмæ хъизæмары фын уынын байдыдтон: цавæрдæр цъьгмарайы ньгххаудтæн æмæ дзы рабырыныл архайдтон, фæлæ нæ фæрæзтон, хъæр кæнынмæ хъавыдтæн, исчи мын куыд баххуыс кæна, афтæ, фæлæ хъæр кæнын дæр нæ фæрæзтон. — Фынæйæ дæ æрдахста. — Фынæйы аххос нæ уыдис. Иугæр кæд нервыты уыцы Н1из бацыд афтæ тыхджынæй, уæд ьгн уæддæр иу рæстæг æнæ разынгæ нæ уьгди. Стæй цъымара дæр нал уыдис, фæлæ мыл æр^фæлдæхт здыйъг хуызæн уæззау цыдæр æмæ мын мæ галиу фарс æрадахста. Мæ фыртæссæй фехъал дæн æмæ мæ куыд æрбаййæфтат, афтæмæй баззадтæн. Уынгæ æмæ æмбарлæ алцыдæр кодтон, фæлæ змæлын æмæ дзурын мæ бон нал уьгдис. — Æ-мæ уæд дохтырты фæстаг ныхас та цы у? — Дзибус дзырдта æппын æнæзмæлгæйæ, цыма йæхæдæг дæр нараличы цæф уыд, уыйау. — Царды, дам, дыл цыдæр стыр хъуьгддаг æрцыд æмæ нервытæ тынг базмæлыдысты... Валя бахудт æмæ 176
уарзæгой цæстæнгасæй бакаст йæ фыдмæ. — Æмæ кæд афтæ у, уæд мæм зын ницыуал кæсы — мæ фыды ссардтоп... Смахимæ та мып ахæм низтæ кæнгæ ницы кæндзысты. Гæбæтийæн йæ цæсгом фезмæлыд, сыстад æ>мæ Валяйы оæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта, стæй аздæхт, рудзынджы размæ бацыд æмæ æддæмæ кæсæг йæхи скодта, хатгай-иу йе ’уæхсчытыл схæцæгау кодта. Валя æмæ Дзибус кастысты лæджы фæсонтæм, стæй фемдзаст сты, дыууæйæ дæр бамбæрстой уымæн йæ уавæр æмæ бахудтысты. Дзибуомæ хорз нал каст, æгæр æнæдзургæ кæй сты, уый æмæ Валяйæн загьта: — Нанайы зæрдæ дæм тынг æхсайы, æдзух дыл мæт кæны æмæ, æвæищæгæн, дæ разы бадид, хæдзары хъуыддæгтæй йæ бон фезмæлын куы уаид, уæд... Мæнæ дын цыдæртæ цæр æрбарвыста, — æмæ йæ хуын ту-мбочкæйы цæвæрдта. Валя та йæ цæстытæ доны разылдта. — Цæуыл ма мыл мæт кæны, ныр мын ницуал тас у... Стæй алыбоны хуынтæ... Валя йæ ныхас нæ фæци, афтæ дуарæй урс халаты æрбахызт Дæпка. — Æмæ уый бынтондæр куы одзæбæх дæ! — сала,м дæр ын наамя радта, афтæмæй нывдин кодта Дæгка. — Дæ бон хорз уæд æмæ æнæниз у... Дæгка Валяйы къухтæ райста æмæ цыма стыр диссаг федта, уыйау æм цьшыдис каст кодта. Дæгкайы ныхаомæ Гæбæти фæзылд, Дзибуомæ цæмæндæр афтæ фæкаст, цыма йæ каис чысыл фæгуыбыр æмæ йын фæтæригъæд кодта. — Дæгка!.. — загъта Гæбæти æмæ йæм бакъахдзæф кодта, стæй йыи йæ къухыл куы фæхæст, уæд æй æрбахъæбыс кодта. Бирæ зæрдиаг ныхас рауади дыууæ æрдхорды æхсæн æмæ Валя ногæй-ногмæ зыдта йæ фыды, зæрдæйæ æнкъардта, цас зынари-ъ,. цас адджын ын у, уый. Дзибус та йæ бинойнаджы æмбæрста, æмæ йæ уырныдта — ныр ын низæй тас нал у... Дзæвгар ма фæбадтысты Валяйы палатæйы. Æхсызгон ныхас кæй фæкодтой, уымæй цыма Валяйæн йæ низ фæлыгъд, кæнæ йæ-м низ æппындæр никуы уыдис, 12 Адæм адæм сты 177
афтæ ныррухс йæ цæсгом æмæ йæ цæстытæ цардбæллон каст кодтой. Дæгка бафиппайдта, чызг фæллайын кæй райдыдта, уьий. «Цæй, æз та уæддæр æцæгæлондæр дæн æмæ йæ ской кæнон», — зæгъгæ, ахъуыды кодта æ’мæ хъæрæй загъта: — Цæй, мах иумæ бадынæй никуы сфæлмæцдзыстæм, фæлæ нæ бынæттæ бацагурæм. Рынчыны дæр æлæр сфæлмæцын кæндзыстæм æмæ йын уый йæ низæн хос нæу, миййаг. — Мæн ницы хъыгдарут, абадут ма, — зæрдиагæй загъта Валя, уый æппындæр йæхимæ фæллад нæ касти. Гæбæти йæ чызгмæ бакаст æмæ куыддæр фæкъæмдзæстььгхуыз, цыма Дæгкаимæ æгæр фæдзырдта æмæ йæ йæ рынчынмæ нал равдæлд æмæ уымæй æфсæрмы кодта, уыйау. Зæгъгæ дæр уыцы хуызы кодта: — Цæй, Валя, уæдæ та дæ æз дæр ардыгæй райсоммæ ныууадзон, куыддæр куыстытæй феуæгъд уон, афтæ та дæм зындзынæн. — Ма-иу æрбацу. Иу бон ма дæ фæллад уæддæр суадз. Æз мурдæр ницы хъуаг дæн. Фæлтау куы зонон, ды дæ фæллад уадзыс, уæд мыи æпцондæр уыдзæнХæрзæхсæв ын куы загътой, æнæнизы арфæтæ йын куы ракодтой, уæд ма Дзибус йæхи фæсте фæурæдта, лалатæйы дуар рассыдта æмæ Валяйы хуыссæны уæлхъус æрлæууыдис, йæ дыууæ къухæй йын йæ сау, хъуымбылдзыккуджын сæрыл æрбахæцыд дьгууæрдыгæй, йа? цæсгоммæ йын комкоммæ ныккаст æ’мæ загъта: — Валя, раст ма мын зæгъ, мæсты мæм нæ кæныс? — Уый та цæмæн зæгъыс, Дзибус? Мастагæп не ’хсæны куы ницы уыдис, æвзæр хъуыддагæй, хылы ныхасæй? — Арæх дæм не ’суайын. Кæсыс, ныр дæм кæдæйнырмæ нæ уыдтæн æмæ цас’ фæдзæбæхдæр дæ, уый хъусгæ кодтон адæмы ныхæстæй, фæлæ йæ мæхæдæг нæ зыдтон. — Худæг дæ, Дзибус, — загъта Валя, фæлмæн æмæ рæвдаугæ хъæлæсæй. — Æви хъæууон хæдзарад æз зонгæ нæ кæнын, æмæ колхозы сæрдарыл фæззæг цас 178
уаргъ æвæрд ис, уый не ’мбарын? Ноджы арвмæ кæсын æмæ цыма раджы æрбазымæг кæнынмæ хъавы, афтæ мæм кæсы. — Валя, дæуæн хорз зæрдæ ис æмæ мæ сраст кæнынмæ хъавыс. Фæлæ-иу хорздзинад æвзæр куы бакæны, уæд æм мæстыгæнæн нæй, уый тыххæй æмæ йæ дыккаг хатт нал бакæндзæн, æвзæрдзинад куы бакæна, уæддæр æм мæстыгæнæн нæй, уымæн æмæ йæ бон æндæр ницы у. Гъе æмæ мæн дæр æвзæртыл банымай, йæ бон æндæр ницы у, зæгъгæ, зæгъ æмæ ма мæсты кæн. — Дæ куыст уæгьд ма уадз. Тæккæ ахсджиаг рæстæг у, иу минут дæр куыст куы фæкъуылымпы уа, уæд тæссаг у, хортæ миты бын куы фæуой, уымæй. Арв куыд хъулæттæ кæны, уый нæ уыныс? Мæн дардмæ дæр чи уарзы, уый фæрцы мæ низтæ дæр ферох кæнын æмæ дунейыл æштæтæй мæхи амовдджындæр хонын... Уымæн æмæ йæ мæхæдæг дæр уарзын... — Цыфæнды уа, уæддæр дæ афтæ бирæ рæстæг нал ныууадздзынæн æнæ бæрæлгæнгæйæ, — стæй йæ йæ хъæбысы æрбакодта, адджын пъа йын ныикодта, æмæ дзы цыма йæхи тыххæй тоны, афтæ тагъд-тагъд рацыдп... 7 Боныхъæд фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, ууыл йæ зæрдæ ничи дардта. Арвыл æнæкæронскъуыдæй бырыдысты сау мигътæ, фæлæ цы уазал дымгæ кодта, уый сæ цыма фенкъуысын кæнын дæр нæ фæрæзта, афтæ зынди. Æмæ адæм колхозы куыстытæм тагъд кодтой, куыд арæхстысты æмæ сæм цас хъарутæ уыдис, уыйбæрц. Данелы комбайн нартхор кæм тыдта, уымæй чысыл дарддæр сылгоймæгтæ картоф æвзæрстой æмæ йæ буртты æфснайдтой, цалдæр дæргъæ!1-дæргъмæ уæрмыты. Фьщцаг бон фыццаг зылд куы ракодта Данел, уæддæр йæ цæст ахæм ныв ацахста: чызджытæй йæм бирæтæ сусæгæй фæкæсынц, ноджы бафиппайдта — сæ иу æм дзы уæлдай тынгдæр каст. йæ цæсгом чысыл 179
дæргъæццонгомау, рæсугъд, бур дзьиккутæ уылæнтæ къæбæлдзыг. Стыр цæстытæй цыдæр æнахуыр рухс калдис. Ахæм цæстæнгасы æнцон базонæн вæййы зæрдæйы уаг. Фæлæ чи у? Куы нæ йæ зоны? Æниу ма сылгоймæгты аахсæн ноджыдæр ис æнæзонгæтæ, фæлæ йæм уыцы чызг алы зылды дæр афтæ æдзынæг цæмæн фæкæеы, йæ куыст ныууадзгæйæ? Æниу æм Данел йæхæдæг цæмæн йе ’ргом фездахы, æрмæст йæми ницыуынæг скæны, чызг ма фефсæрмы уа, зæгъгæ. Стæй йæ къух ауыгъта — уадз æмæ кæсавд. Фæлæ, кæд архайдта, мауал æм кæсон, зæгъгæ, уæддæр та нал фаалæууыд æмæ та йæ федта. Стæй иу хатт сылгоймæгты комком1мæ куы бахæлдæ æмæ комбайн куы æрбазылдта, уæд æй æрурæдта, рог æргæпп кодта, æмæ бацыд картофæф сн ай д ж ытаам. — Мисурæт, дон дæм куы анаэин, уæд уæ цымæ стыр зианы бафтауин? — загъта картофæфснайджытæй иуæн. — Ацы уазал бон нæм донæй чысыл карздæр исты куы ануазис, уæддæр ныл бæргæ ницы зиан æрцæуид, фæлæ дын нæхицæй цы раппæлæм? Дон та, цас дæ хъæуы, уыйбæрц. Чызджытæ, марадзæд ма исчи йын дон рауадзæд. Фа&лæ уæдмæ, æдзух æм машинæмæ ч.и каст, уыцы чызг стыр боцкъайæ дон рауагъта цъæх кружкæмæ, анхъæвзта йæ æмæ дзы нуазынæн куы уагъта, уæд æ<м Данел одзырдта: — Косер, æрмæст цинкæ кружкæйæ стырдæр мацæм рахæсс, уæддæр дын æй нæ бануаздзынæн, — йæхæдæг хъæрæй ныххудти. — Март бауазал ис, Данел, уый цытæ дзурыс, Косер нæ кæй хоныс, ахæм ном нæ куы никæуыл ис, — загъта, Мисурæт кæй хуыдта, уый. — Ау, æмæ Умар æмæ Косеры хабар нæ фехъуыстат? — Кæй Умар æмæ Косер сты? Мах куы ницы фехъуыста^м. — Дæлæ епойы цæттæгæнæг чи у, уыцы Умаруый, зæгъы, иу райсом уынгмæ рацыдис æмæ хъуыды кæны, арахъхъ кæм ануаза, ууыл. Арахъхъ кæнын 180
уадзгæ нал кæнынц. Кæмæ ис, уыдонæн та æфсон фæцис æмæ йæ дæтгæ нал кæныщ. Хъуыды кæны Умар æмæ йæм æвæджиауы хъуыды фæзындис: хъæуы сæрмæ, бæрзонд рындзыл Дыгъуызаты Косеры хæдзарæй дыууæ боны дæргъы фæздæг фæцыдис æмæ сæм арахъхъ æнæ уæвгæ нæй. Арахъхъсæмкуы уа, уæдта, Косер раэдау адæймаг у, исты салам хъуамæ зæгъа. Уыцы рæстæг æм чызг кружкæ радта донæй йедзагæй, йæ сæры тылдæй та йын салам радта, фæлæ дон нуазынмæ нæ батагъд кодта Данел. — Ноджы йæ зæрдыл æрлæууыдис, зьимæджы Косерæн йæ афицер фырт ам куы уыдис, уæд ын кусарт акодтой æмæ сæ уый царм балхæнæн дæр ис. Ныхас дардыл цæуы, фæлæ Умар йæ бæх уæрдоны баифтыгъта æмæ афардæг Дыгъуызатæм. Бадзырдта æмæ йæм Косер йæхæдæг рауад. «йарæби, зæгъы, Косер а зымæджы уæ афицер уæхимæ куы уыдис, уæд ын кусарт акодтат, уый мæхæдæг дæр федтон, æмæ кæд уæхи æхсызгон нæ хъæуы йæ царм, уæд уын æй æз паддзахадæн балхæнин?» «Март бауазал ис, зæгъы, Умар, æмæ дын æй уæй кæнæм! Лæвар æй ахæсс. М’ах ницæмæн [хъæуы. Æз дын æй ныртæккæ рахæсдзынæн», æмæ ус |царм хæссыимæ фæраст ис. Уæд æй У1мар фæурæдта. «Фæлæуу-лиа, зæгъы, Косер. Лæвар цæмæн, лæвар? Мæнмæ паддзакады æхпа сты æмæ сæ хъуамæ сымахæн радтон, сьпмахæй цы царм хæссын, уый та хъуамæ шддзахадмæ бахæссон, мæ куыст афтæ у... Фæлæ дæм, Косер, диссаг нæ кæсы, æз 1.мæ лрахъхъ нуазын куыд ныууагътон, уый?» «Ме ’гæр фæкалон, зæгъы Косер, уæдæ ма дын æз та зæгъынмæ куы хъавыдтæн, иу арахъхъ нæм ануаз, зæгъгæ, æрмæст къæбæрæй рæвдз не ’стæм æмæ дæм нæ бауæндыдтæн». «Гъæйтт, Косер, зæгъы, дæ къухæй бирæ арахъхъытæ фæнызтон æмæ ма мын ацы хатт дæр дæ къухæи æнæ бануазгæ нæй». «Æмæ нæм уæд мидæмæ рацу». «Нæ, мидæмæ (мæ не ’вдæлы, фæлæ йæ каад æвгъау нæ кæныс, уæд мын æй ардæм рахæсс». Косер фæраст царм æмæ арахъхъ хæссынмæ æмæ йæм уæд Умар фæстейы дзуры: «Косер, дæ хорзæхæй, дæ разы-иу ципкæ кружкæйæ стырдæр мацæм рахæсс, уæддæр дын æй нæ бануаздзынæн». . 181
Сылгоймæгтæ ныххудтысты иууылдæр. — Уыцы кружкæйы литры æрдæг кæй цæуы, уый та хъæуы алчидæр зоны. Рахаста йын Косер уьщы цинкæ кружкæйы дзаг, кæрдзыны къæбæр цыхтимæ, йæ дæлармы та фысы царм. Умар арахъхъ банозта, æмæ кружкæ ,йæ фарсмæ æрæвæрдта, йæ ахуийæн бахордта, стæй æхца оиста æмæ Косерæн йæ цармы аргъ бафыста. Уæдæ нæ ныхæстæ фесты æмæ цæугæ кæны Умар, зæгъгæ, Косер кружкæмæ фæцæйæвнæлдта. Умар дæр уыциу æвнæлд фæкодта кружкæмæ, йæ къухы бын æй акодта æмæ загъта: «Косер, Косер, дæ хорзæхæй, æр(мæст-иу æй ацы хатт дзагæй мауал рахæсс, уæддæр дын æй нал бануаздзынæн». Сылгоймæгтæ сæ худæг нал урæдтой æмæ æмкæлкæл кодтой. Фæлæ Данел æнцад лæууыд æмæ, цы,м<а сылгоймæгтæ цæуыл худынц, ууыл дис кодта, афтæ сæм æнцад каст. Стæй йæ дон банызта. — Цæй, лодыры митæ м«а кæн, дон банозтай æмæ дæ куыстмæ цæугæ, — загъта йын, Мисурæт кæй куыдта, уый, фæлæ та йæ худæг нал баурæдта. — Кæс-ма, кæ! — фæкодта Данел, — быдыры сын, сæ куысты тæккæ уæлхъус, худæджы концерт кæй ацарæзтон, уый тыххæй мын арфæтæ нæ, фæлæ уайдзæфтæ кæнынц. — Цæй, хорз, хорз! — Лодыры тыххæй та афтæ зæгъын æмæ адæй-маг йæ нормæ астыссæдз процентæй куы сæххæст кæна сихормæ, уæд дон нуазыныл цы дыууæ минуты афæстиат, уыдон хъуамæ лодырдэинадмæ ма хауай. — Цæи, зонæм дæ, фæлæ нæ худæгæй амардтай,— йæ худын нæма банцадис, афтæмæй загъта Мисурæт. — Хорз байрайут, уæдæ. Æщæг æз иунæгæй куы нæ кусон, уæд ма уыйбæрц бæллæх нæу, фæлæ сымах уалæй æгуыст куы кæнон, уæд æвзæрдæр у. — Мах бирæйæ цы кусæм, уымæ^й фылдæр кусыс дæ комбайныл, — загъта, æдзух æм кусгæйæ чи каст æмæ йын ныртæккæ дон чи рахаста, уыцы чызг æмæ та йæм йе ’мбаргæ цæстытæй комкоммæ бакаст. — Æгæр мæ ма ’ппæл, чызг, кæннод мæм хиуылæрвæссондзинад æмхиц у æмæ мæ фесафдзæн, — стæй 182
баздæхт Миоурæтмæ: — Чи дын сты ацы замманайы фæоивæд? — Æмæ сæ нæ зоныс? Хъæууонхæдзарадон институты куы ахуыр кæныс ды дæр. Уымы студенттæ сты æмæ нæм æххуыомæ æрцыдысты .абон райсомæй, ау, уæдæ ма-иу шеф ныхæсты тыххæй вæййы. Æмæ уæдæ нæ зоныс дæ институты студентты? — Уæллæй, нæ сæ зонын. Мах фæсаууонмæ ахуыр кæпæм æмæ нæм экзаминтæ куы вæййы, уæд адон та кашжулты ваэййьыщ æмæ, æвæццæгæн, никуы фвмбæлдьгстæм. — Æз дæ уæдæ хорз зонын, — за^гъта чызг, хибуцгæнæгау ныхасæй сыгъдæг иронау æмæ уайтагъд йæ ныхаомæ бафтыдта: — Æрмæст фæсаууонмæ. — Фæсаууонмæ хорз лæджы фæзонынц, фæлæ æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй’ куы никуыма фесгуыхтæн. — Бавналæм, бавналæм, чызджытæ æмæ ма нын цы гьщцыл куыст баззадис, уый фæуæм, уазал,мæ мауал сийæм, — загъта Мисурæт æмæ йæ уæйыгхуыз къабæзтæй рæвдз февнæлдта чыргъæдтæм. — Уыдон кæд кæрæдзи зонынц, уæд уадз æмæ аныхас кæной. Æмæ сылгоймæгтæ æмхуызон февнæлдтой кусынмæ, æрмæст ма дзы-иу стæмæй-стæммæ кæйдæрты пыррыччытæ фæщыд. — Мæ фыд дæ хорз зоны, уый мын дæ амыдта. Данел бахудти: — Дæ фыд, æвæццæгæн, æндæр кæйдæр зоны æмæ ды та рæдигæ фæкодтай. ХуызæнæГкхуызæнмæ лæг амардæуыдис... — Хæццæ дæ кæнын æцæг, кæд ды Чшиаты Бечы фырт Данел нæ дæ, уæд. Фæлæ цыма уый дæ, афтæ 1мæм кæсы, — æмæ чызг йæ мидбылты бахудти. — Афтæ ’мæн хонынц. Фæлæ чи у дæ фыд? Цæмæй Л1æ зоны? — Блинов. Æнхъæлдæн, йе ’студент дæ. — Профессор Блинов, Андрей Трофимович? — диогæнгæ каст Данел чызгмæ. — Цьима дын хъыг у, уый дис куы кæныс. 183
— Фæлæуу, фæлæуу. Æмæ уый уырыссаг куы у, уæд ды иронау афтæ сыгъдæг куыд дзурыс? — Ирон хъæуы бирæ фæцардтæн æмæ æвзаг базыдтон. — Куыд æгъдауæй бахаудтай æнæ дæ фыд ирон хъæумæ? — Мæ мадымад афтечы хицауæй куыста Хъæдрæбыны хъæуы æмæ уьгмæ фæцардтæн 1941 азæй 1947 азмæ. Мæ фыд æмæ мад та æфсады уыдысты. — Мæнæ диссаг — кæй чызгыл сæмбæлдтæн! — ньщцин кодта Данел æмæ йын йæ къух райста. — Уæдæ куыд фехъуыстон, афтæмæй дæ ном хъуамæ Тамарæ хуины? — бафарста йæ Данел æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыдис, Андрей Трофимович æй «мæ ирон чызг» дæр ма кæй хоны, уый. — Афтæ мæ хоныпц. — Уæдæ ныртæккæ хабæрттыл нæ фæстиат кæндзыстæм, кусын хъæуы, фæлæ фæскуыст дзæбæх фæныхас кæндзыстæм. Афтæ хуыздæр нæу? — Хуыздæр. Фæлæ дæ.м папа цыдæр писмо рарвыста, — уьщы ныхас зæгъгæйæ, йæ дзыппад систа къонверт æмæ йæ Данелмæ радта. Комбайны размæ куы бахæпдæ, уæд нал фæлæууыд пиомомæ æмæ йæ бакаст. «Ациаз офæнд кодта,м не ’студептты колхозтæм фæззæджы куыстытæм араитын, практикæйы куыд вæййы, афтæ. Ды, не ’студент уæвгæйæ, хорз практик дæ æмæ ’нын феосхуыс кæн, ноджы дæ хъус бадар—пайда у ахаэм хъуыддаг?» Данелæн æхсызгон уыд, студенттæ афтæ комкоммæ колхозты кæй уыдзысты, уый, ноджы йæ уыцы хъуыддаджы профессор йæ зондæй кæй фæрсы, уый дæр. «Мæ чызг практикæйæн сымах колхоз равзæрста. Æ|мæ дын кæд гæнæн ис, уæд æм дæ хъус куы фæдарис, уæд хорз уаид. Фысыммæ дæр æй дæхнмæ куы бакæнис, уæд æм мæ зæрдæ æппындæр не ’хсаид. Стæй дæуыл цæуылдæрты кæй сахуыр уыдзæн, уый дæр мæ уырны». Данелы зæрдæ фæцагайдта, Андрей Трофимович ыл афтæ тынг кæй æууæнды, уый. Рагæй дæр ын фьгды хуызæн у, ахуыры йын цыхуызы ахъаз нæ фæци, ахæм нæ уыд, уæд ын йæ чызджы иу æмæ дыууæ мæйы, кæ184
нæ куы хъæуа, уæд фылдæр дæр куыннæ сбуц кæндзæн?! Æвиппайды йæм хардзау æркаст — ау, йæхæдæг ын «уыд нæ загъта Тамарæйæн, -махмæ æрфысым кæн, зæгъгæ. Æмæ згъорæгау акодта картофæфснайджытæм æмæ фæдзырдта Тамарæмæ. — Тамарæ, нæ саэмбæлд ахæм æнæнхъæлæджы уыд æмæ дын, махмæ æрфысым кæн, зæгъгæ дæр нæ загътон. Стæй иунæгæй нæ, фæлæ дæ де \мбæлттæй кæй фæнды, уыдон дæр демæ ракæн. Алцæмæн дæр рæвдз стæм. Тамарæйы цæогом фæсырх Данелы ныхасæй. — Афтæ дæм папæ ныффыста? — Нæ, — фæсайдта йæ Данал. — Фæлæ кæд ирон хъæуы цардтæ, уæд <мæ хъуамæ æнцонæй бамбарай — уазæг уарзаг стæм. Уæлдайдæр та мæ зынаргъ профессоры чызджы йе ’мбæлттимæ бахонын -ме ’стырдæр хæс у, — стæй аздæхт æмæ адзырдта: — Мисурæт, сымахæн бирæ куыст нал ис, раздæр ацæудзыстут æмæиу, дæ хорзæхæй, >мæнæ Тамарæйы нæхимæ акæн йе '.мбæлттимæ. — Афтæ тагъд нын ма бауарз нæ уазджыты рæсугъддæры, — загъта Мисурæт. Стæй куы федта, Данел æфсæрмæй куыд фæсырх, уый, уæд ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Хорз, хорз! Хъазгæ кæнын. — Уый мæ профессортæй фылдæр кæй уарзын, уый чызг у, — стæй та баздæхт Там’арæмæ:—Ацæутиу нæхимæ, Мисурæт дын нæ хæдзар бацамондзæн. — Хорз, пæ фысымы зæрдæхудт нæ райсдзыстæм, — бахудт Та-марæ æмæ Данел йæ комбайнмæ куыд згъордта, уьимæ каст. Данел уайтагъд окусын кодта йæ комбайн æмæ йæ аокъæрдта. Æрмæст ма йе ’мбалмæ сдзырдта: — Æгæр ныффæстиат дæн, уазджытæ мæм ис. 8 Изæры Данел Тамарæйы банйæфта сæкшмæ иу сауцъар, саухъуымбыл дзыккуджын чызгимæ- Ходон æмæ Тамарæ сæ тæккæ «хъæлæба» кæнгæйæ уыдысты æмæ сæм уазæгчъгзг иуфароæй мидбылзудгæ каст. 185
Данел уазæгчызгæн æгаоцуай загъта, æмæ диогæнгæ мад æмæ Та^марэ&мæ кастис. — Гъе ныр, ай фыдуаг чызг нæу, — йæ хъаст йæ фыртмæ бахаста Ходон: — Йæхæдæг уазæг у, йæ къах нæм нырма ныр æрбавæрдта, афтæмæй мын ме ’хсинæгтæ исы. Удæстæй сæ æрæййæфтой æ,мæ сæ, зæгъын, анхъæвзтытæ кæнон. Ай мæ рудзынгæй уынгæ дæр кæцæй акодта. Уæдмæ Тамарæ стыр тасы æууæрдын ра.йдыдта дзаумæттæ æмæ йæ къухтæ рæмбыныкъæдзы онг сапоны урс-урсид фынчы аныгъуылдысты. — Æмæ-иу профессоры чызг дæр гæрстæ фехсы? — бахудтис Данел. — Йæхæдæг нæ сахуыр кодта кусыныл. Афтæ уарзы. — Уьий æвзæр ахуыр нæу. Адæймаг цас фылдæр хъуыддæгтæм арæхса, уыйбæрц, мæнмæ гæсгæ, фылдæр сты йæ хъарутæ. — Стæ, цæй, ай дыдæр æгом^мæгæс чызг у, — рæвдауæн æфхæрдæн загъта Ходон. — Цон, уæдæ уынæз та æхсæвæрæн истытæ фенон, — æмæ ацыд хæдзармæ. Данел æмæ уазæгчызг Тамарæйы раз лæугæйæ баззадысты æмæ кастысты, куыд араахстджын æмæ тагъд архаидта, уымæ. Данелы йæ къа1х нал хаста Тамарæйы разæй æмæ дзы йæ фæллад дæр ферох. Хъæлдзæг ацыд фæоивæдæн сæ изæр — фæсивæдмæ та кæд нæ фаг кæны худæн ныхас дæр æмæ быцæу ныхас дæр. Æ:мæ æрæджыгам^ау сæ хуысоæнтæм сæхи куы айстой, уæддæр ма æрæгмæ бафынæй Данел. йæ хæдзар цььма ныронг куыд никуы уыдис, афтæ бакъарм, цьима дзы ныронг цы нæ фаг кодта, уый йыл бафтыд, афтæ йæм кастис. Фг&лæ цы бафтыдис йæ хæдзарыл, уьгй дзы цалдæр боны ацæрдзæнис æмæ атæхдзæн, Данел та фыццагау иунæгæй баззайдзæн йæ мадимæ. Ахæм хъуыдытæ кæнгæйæ афынæй Данел. Хуысгæйæ та уæйыджы хуызæн тарф фынæй кодта æмæ чысыл хъæртæ æмæ гуьшпытæй нæ хъал кодта. Мад уый зыдта æмæ йæ уый тыххæй ратил-батил кæнын бахъуыд. — Цы хабар у, нана? Исты хабар æрцыд? 186
— Фест, мæ бон, тагъд, хъæу фæдисы уавæры ис! — Цы æрцыдис? — зæгъгæ, йæ къæхтæ зæхмæ ралпæрста Данел. — Нæ дыргътæ сæфьгнц, дæ фæхъхъау фæуон, æмæ сæ фервæзын кæньгн хъæуы. Адæм иууылдæр дыргъдæттæм уайынц фæдисы æмæ сæм ды дæр акæс, де ’ххуысы хай бакæн. — Ницы дын æмбарын, нана. Цы кодтой нæ дыргътæ? — Зæлты 1мит сыл ныууарьгди, сæ сыфтæр нæма акалдис, афтæмæй. Æнæуи сæхи дыргъты уæзæй дæр сæтгæ кодтой æмæ ма сыл мит дæр куы æруара, уæд сæ къалиутæ зæххы балæудзысты. Дзибус нæм фæдисы ’цыд æрбакодта. Данел татъд-тагыд фестад æмæ йæ хъарм кусæн дзаумæттæ йæ уæлæ акодта, йæхи ахсадта æмæ уайтагъд кæртмæ рахызтис. Цæст æй дзæбæх нæма ахста, афтæ чысыл æрбацъæх ис бон. Кæнæ та митæй рухс уыди бæстæ æмæ щыма бон цъæх.кæны, афтæ фæкастис Данелмæ. Асинтыл æрызгъордта æмæ уайтагъд йæ къæхтæ арф М!И1ты аньигъуылдысты. Хæдзарæй кæрты дуармæцы фæдтæ уыдис, æндæр дзы фæд нæ уыд. Уьицы фæд Ходон акодтаид, Дзибуомæ куы рапыдис, уæд, — ахъуыды 1кодта Данел. Уьшиты дæргъæй-дæргъмæ æ-мхуызон арф мит æрæвæрдта, фæлæ дзы фæдтæ дæр арæх уыд. Стæй, цæст цæйбæрц ахста, уыйбæрц уыдта адæм иугæйттæй дæр, къордгæйттæй дæр хъæуыоæрырдæм, колхозы дыргъдæттæ кæм уыдысты, уьщырдæм куыд лæгæрстой, уый. Адæмæй бирæтæм уыдис даргъ михтæ. Æнцадæй стыр тъыфылтæй хауди зæхмæ мит. Æвитшайды йæ бынаты фæлæууыд Данел: аздæха æмæ уый дæр хъил рахæсса æви нæ? Фæлæ рæстæг дзæвпар рацыд. Фæстæмæ здæхгæйæ, ацы фæдисы сакат байрæджы кæндзæн, зæгъгæ, йæм афтæ фæкаст. Æнæуи дæр æм æраалмæ бадзырдтой æмæ цыма адæмæн се ’плæты фæстæ æгадæй баззад, афтæ азгъордта, акацитæ дзы бирæ ис æмæ уыдонæй иу хъил ракæндзынæн, зæгъгæ. Цальшмæ дыргъдонмæ хæццæ кодта, уæдмæ бон дзæбæх æрбацъæх æмæ дардмæ дæр дзæ187
бæх зындис цæхæрадон Данелмæ. Бирæ адæм дзы архайдтой. Уыдта, адæм-иу сæ хъилтæй бæласы къалиумæ куы бавнæлдтой, уæд-иу миты тъыфылтæ уæззауæй кæй æркалдысты, уый. Фæлæ Данел куыд æнкъæл уыдис, афтæ тынг нæ байрæджы кодта, адæм дыргъдоны кæронмæ æввахс архайдтой, арф дзы нæма бацыдысты. Данел кæдæм бахæццæ, уым акацитæ калдтой æмæ дзы Л1ит цæгвдæн хъилтæ арæзтой. Уый дæр дзы тагъд иумæ фæлæбурдта æмæ азгъордта дыргъ бæлæстæм. йæ размæ фесты дыууæ сылгоймаджы, уыдон архайдтай мит цæгъдыныл. Данел сæ разæй куы фæцис, уæд сæм аивæй бакаст. Уыдон разындысты йæ уазджытæ. Сæ худтыл арф мит æрбадтис. Мит урсидæй бадтис сæ æрфгуытыл дæр, сæ цæсгæмттыл та лæсæнтæ *кодта тад миты дон. — Тамарæ, цы кусут ам сымах та? — бафарста сæ Данел. — Адæм цы .куыст кæнынц, мах дæр дзы уьщы куььст -кæнæм, æндæр хуыздæр куыст ма дзы нæхицæн кæцæй бацагурдзыстæ-м, — хъазгæйæ дзуапп радта Тамарæ, йæ мит уигъыны куыст нæ ныууадзгæйæ. — Ау, æмæ уæ куыд рауагъта нана? — ныддис кодта Данел. — Уый йæхæдæг дæр дæу бæсты нæуынмæ хъавыди, бон-изæрмæ, дам, фæкусы, ныффæллаиы æмæ хуыссæны йæ улæфт суадза. — Нæ, ацы куьист сылгоймаджы куьгст нæу. Куы ньюсахъæггтæ уат уазалæй, уæд та ма нæхи цæмæй сраст ’кæндзыстæм? — Ма <нын тæрс, Данел, афтæ буцхаст не ’стæм. Уьщы рæстæг дыргъдоны арфæй фехъуыстис къæр æмæ уыйфæстæ та уæззау гуыпп. Уый æрфæлдæхтис, ациаз <ма хорз чи æрзад, фæлæ йæ фарс кæмæн бамбыд æмæ бирæ æнхъæлмæ кæсæн кæмæ нал уыдис, ахæм кæрдо бæлас. Данел фæтарсти, кæд æрыгондæр бæлæстæй искæцы асаст, зæгъгæ, стæй басабыр, — уый бирæ зиан нæу, уæддæр бирæ цæринаг нал уыдис, йæ дыргъ та йын ныр дæр æртонæн ис. — Ныхæстæ уыйфæстæ. Бæлæстæ куыд тæссаг бы188
наты сты, уый уыныс? Тагъддæр февнал æмæ сæ фервæзын кæнæм,—загъта Тамарæ. «Ай мын йæхи хицау куы акодта», — йæхимиднымæр бахудт Данел, фæлæ дзургæ ницуал окодта. Уæдмæ æрбахæцдæ сты Дзибус æмæ Хъазыбег дæр, сæ уæхсчытыл мит, афтæмæй. Æвæщдæгæн рагæй фæзылдысты адæмыл, сæ фæдыл дæр 1ма хъæуæй иугай ■адæймæгтæ цьгдис. — Ау, æмæ цæй чысыл адæм рацыдис? — хъилмæ æвналгæйæ, загъта Дзибус, фæлæ кæй фæрсы, дзуапп ын чи ратдзæнис, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Айстой Хъазыбегимæ фæйнæ хъилы æмæ Данелы дæллаг фарс фæйнæ рæнхъы сæргъы æрлæууыдысты. Мит уарыд æмæ уарьгд. Цæсгомыл хаудта, æхгæдта цæстытæ. Цæстытæ æхгæдта, сæхæдæг кæй уыгътой, уьщы мит дæр æмæ архайын хорз нæ уагъта, фæлæ адæм хъайтарæй архайдтой сæ бирæ дыргъ бæлæстæ æмæ дыргътæ фервæзын кæныныл. Иæ бон цы уыдис, уымæй тагъд аркайдта Данел, уьимæн æмæ кастис æмæ уыдта, мит бæлæстыл куыд уарыдис æмæ сын минутæй-мииутмæ фылдæр кæй кодта ’миты уæз, уый. Æвæдза, цæмæйдæр адæймаджы хуызæн у дыргь бæлас дæр. Мит обæуттæй кæуыл обадтис, уыцы къалиу скъуыр æмæ йын йæ :мит æркал, уæд уæллоз фелвасы йæ сæр, йæхи дыргътæ йæ цас исын уадзынц, уыйбæрц, æмæ йæ сæрæй уæззау æркув-æр^кув байдайы, цыма йæ ирвæзынгæнæгæн арфæ кæны, афтæ. Мит цæгъдгæйæ иу хъуыддаг бафиштайдта Данел: бæлæстæй ма иутæ бафæраздзысты цасдæр рæстæг уæз бауромын, фæлæ иннæтæ æгæр æруæззау сты æмæ |мæнæ-мæнæ кæньшц сæ къабузтæ æрсæттынмæ. Æмхуызон цагъд куы цæуой, уæд сæм нал аххæсдзысты. Æмæ уæд æхсæнм-æхсæнты уигъын байдыдта уæззаудæр бæлæстæ. Куыддæр æй ауыдта Дзибус, афтæ бамбæрста, Данел афтæ цæмæн кæны, уый æмæ ныхъхъæр кодта: — Данел куыд кæны, афтæ кæнут иууылдæр. Уæззаудæр бæлæстæй уал тагъддæр цæгъдут мит, стæй та иннæтæм бавналдзыстæм, — æмæ йæхæдæг дæр афтæ райдыдта. 189
Раздæр сындæг цыдысты мит цæгъдджытæ, фæлæ ныр уьщиу æфсæрст акодтой размæ. Фæрсæй-фæрстæм цыдысты Данел æмæ Дзибус дыууæ рæнхъыл æмæ Данел бафарста Дзибусы: — Митыл фыстæй йæ бакасттæ æви мын цæмæй базыдтай мæхинымæр цытæ хъуыды кодтон, уыдон? — Дæ архайдмæ гæсгæ йæ йæ цы базонын хъуыди! Уыцы тох ахаста бирæ. Дзибус тарсти, сæ мит кæмæн нæма æркалдтой, уыцы бæлæстæн дæр, æмæ кæд аходæнмæ миты уард чысыл фæсабырдæр, уæддæр сыл æй æрæвæрдтаид, бауромын цас нæ бафæрæзтаиккой, уыйас. Фæскуыст адæм куы æрбакъорд сты иумæ, уæд сæ Дзибус бафарста: — Æхсæвы дæр ма тас у нæ дыргътæн æмæ куыд кæнæм? — Бахъахъхъæнын сæ хъæуы, æндæр цы гæнæн ис, — ахæм дзуалп уыдис колхозонты иумæйаг дзуапп. — Уæдæ афтæ бакæнæм, æмæ уал нæхи бахустæ, бахъæр’мттæ кæнæм, иучысыл нæ фæллад дæр суадзæм. Цыфæнды уард кæна, уæддæр сыл мит афтæ тагъд не ’руæз кæндзæн. Бæлæстæм та мæнæ дыргъгæстæ сæ хъус дардзысты æмæ кæд исты ног тæюсаг хъуыддагуа, уæд та нæм фæдзурдзысты, æмæ-иу, уæ хорзæхæй, мачи фæзивæг кæнæд. — Стæй аздæхт дыргьгæстæм æмæ оын загъта: — Сымах дæр немæ цомут, уæхи бахъæрмттæ кæнут, æмæ æддейы лиит куыд уара, уымæ гæсгæ бæрæг уыдзæн, бæлæстæ цы уавæры сты, уый дæр. Данел, Тамарæ æмæ йе ’мбал чызг иумæ цыдысты. Сæ дарæс иууылдæр уыди донласт, фæлæ йæ уæддæр ницаомæ дардтой, худгæ ныхæстæ кодтой. Сæрæн цьгд кодта Тамарæйы æмбал, фæлæ куыдфæстæмæ æрбакука, цыма йыл тæфсгæ кæны, афтæ. Фæлæ уазал кæй кæны, уый басусæг кодта. Хæдзармæ куы бахызтысты, уæд чызгыл тынгдæр æртæфсыд йæ уазал æмæ йæ пихылæйттæхæссаг арт йæхимæ ласта. Фæлæ Ходон Тамарæйæн йæ къухæй мидæггаг уатмæ ацамыдта æмæ загъта: — Адæут мидæмæ æмæ уæ дарæс аивут. Ивæнтæ уын æрæвæрдтон, кæд сыл барвæссат, уæд. 190
— Бузныг, фæлæ ивæнтæ нæхимæ дæр ис, — загъта Тамарæ, ахæцыд чызджы къухыл æмæ иннæ уатмæ ацыдысты. Ивæнæн æддаг дарæс нæ разынд саулагьз чызгæн æмæ йыл уæд окодтой Ходоны къаба, цæттæйæ сын сынтæджы ныхыл тыгъдæй кæй ныууагъта, уый. Хæрзхуыз æмæ бæрзæндтæ Ходоны къаба чызгыл афтæ фидыдта æмæ хъæлдзæг Тамарæ йæ худын нал баурæдта. йæ худын суанг æддæмæ дæр райхъуыст æмæ сæм аивæй бакаст Ходон. Р1æ худын ма тыххæй баурæдта Ходон дæр, йæ къабайы чызджы куы ауыдта, уæд. Ходоны къабайы ронбаст чызгæн суанг йæ уæрджытæм æрхæццæ. Хъуымац йæ буарыл æрзæбултæ æмæ дзы зындьисты чызджы мæллæг уæхсчытæ æмæ йæ къуыбыр риутæ, æндæр буар цыма нæ уыдис къабайы, афтæ зындис. — Æмæ дæ дзауматæ дæр цæмæн хъæуы? Дæ разы хуысгæ окæн æмæ дын дæ буары тæвд дæр обарæм. Ходон арæх рынчынгæнаг уыдис æмæ хорз зоны, ахæм уазалæн фыодагдæр цы хостæ акæнын хъæуы, уый. йæ къæхтыл, йæ уæрджыты фæрстæм ын оæвæрдта тæвд грелкæ. Æрæмбæрстой йыл дыууæ дари цъарджын бæзджын хъæццулы æмæ йæ дзы æнгом æрбатыктой. йæ дæлармы йын тæвдбарæн цæвæрдтой. — Уыдон, мæ бон, буары æддейы хъарм кæнынц. Фæлæ дæ мидæгæй дæр бахъарм кæнын хъæуы,—дзургæйæ Ходон æрбахаста тæбæгъы карчы бас æмæ ирон конд дзултæ. Тамарæйæн сынтæджы размæ бандон æрбайсын кодта, газет ыл æрытыдтой æмæ йыл йæ хæринæгтæ æрæвæрдта. — Ды уал ахæр, мæ фæрстæ дын фехæлой, Тамарæйæн дæр ныртæккæ ахæрын кæндзынæн, — зæгъгæ, афтæ дзургæйæ æддæмæ рацыд. — Æнхъæлдæн æмæ фæрынчын дæн æцæгæй. Мæ буары стджытæ æмæ нуæрттæ иууылдæр рисгæ кæнынц,—загъта чызг. — Ницы дын уыдзæн, мæнæн дæр риосынц, фæлæ уый æнахуырæй фырфæлладæй у, цас фæкуыстам! Фæлæ тæвдбарæн куы райста, уæд Г^æхæдæг фенкъард —чызгæн йæ буары тæвд уыдис 38,8 градусы æмæ йæ уайтагъд радзырдта Ходонæн. — Хæргæ нæма бакодта? — бафарста Ходон. 191
— Нæма. — Цыфæнды уа, уæддæр ы.н карчы басæй æнæ бахæргæ нæй, уый нын хорз фæпайда уыдзæн, йæ тæвд дæр æрхаудзæн, хостæ дæр ын ратдзыстæ-м, — загъта Ходон æмæ рынчыны размæ бацыд. — Кæд, дæ фæхъхъау фæуон, дæхицæн зын у, уæд дын æз ахæрын кæндзынæн, — зæгъгæ уидыг систа. — Зын ’мын нæу, фæлæ мæм хæрын нæ цæуы, — загъта чызг. Уæдмæ хус дарæсты, хæрзæхсадæй сæ размæ бацыд Данел дæр. Чызджы рустæ куы ссырххъушон сты, æмæ йæ цæстытæ æнтрациты къæрттытау æрттивынц, уый куы федта, уæд загъта: — Бæргæ уын дзырдтон, исчи уæ куы фæрынчын уа, уæд ма адæммæ цы цæогом равдисдзынæн, зæгъгæ. Мах сахуыр стæм æмæ нæм ахæм уазалтæ хъараг не ’сты. Фæлæ сымахæн ахæм тæссаг куыстмæ цæугæ нæ уыди. — Фæсмон ма кæнут. Мæнæн мæ уазал ныридæгæн дæр ссыд Ходоны басы руаджы. Райсоммæ бынтон адзæбæх уыдзæнæн æмæ та куыстмæ иумæ афардæг уыдзыстæм, — загъта чызг. — Афтæ, афтæ, дæ фæхъхъау мæ зæронд сæр фæуа. Фæлæ уæдмæ чызг йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ афынæй. — Цомут æнæсыбырттæй, ма йæ сыхъал кæнут,— загъта Ходон æмæ сындæггай рацыдысты. Бадтысты æмæ хордтой æхсæвæр бинонтæ. Чызджы рынчын се ’ппæты дæр сагъæсы бафтыдта, æнæдзургæйæ хордтой æмæ дзы алчи йæхи хъуыдытæ кодта. Уæззау уыдысты Данелы хъуыдытæ. Мæнæ бадынц æцæг бинонты хуызæн хъарм бадтæй. Ходон æдзухдæр хъаугъа кæны, мæ хæдзар чындз хъуаг у æмæ мын æй ссар, мæ лæппу, зæгъгæ. Мæнæ Тамарæ бады семæ, адджынæн хæры, цыма йæхи хæдзар у, афтæ æнцон ын у. Фæлæ йын бакой кæн, кæд афтæ бауарзтай бинонты, уæд ады хæдзайраг бакæн дæхи, зæгъгæ, уæд æвæццæгæн цæхæртæ акалид æмæ, чи зоны, æфхæрæн ныхæстæ дæр скæнид, зæгъгæ, ницæйаг колхозонтæ, сымах мæнмæ ахæм ныхæстæ кæнын куыд уæндут? Да192
нел, кæй зæгъын æй хъæуы, комкоммæ Тамарæйы тыххæй нæ зæгъы, чызджытæй алчидæр афтæ зæгъид. Фæлæ цæмæн? Кæд уый профессоры чызг у, Данел та сидзæргæс колхозон Ходоны фырт, уæддæр цæмæй аккаг нæ уаиккой кæрæдзийæн? Уарзиикой адджын уарзтæй кæрæдзи æмæ амондджынæй цæриккой иумæ: Данел механизатор уаид, Тамарæ та агроном æмæ сæ куыст иумæ куыд хорз цæуид, æвæдза! Кæд сæ алчидæр йæхи хъуыдытæ кодта, уæддæр сæ рынчын чызг нæ ферох. Ходон йæм бæрæггæпæг бауад. Рынчын чызг æнцад хуыссыдис уæлгоммæ. йæ былтæ ныцъцъушп кодта, цыма искæуыл бустæ кæны, афтæ. Р1æ сырх-сырхид уадултыл стæм хиды къуыбæрттæ фæзындис. «Хорз у, йæ низ æддæмæ кæй фæцис, уый. Райсоод дзæбæхæй сыстдзæн», — йæхинымæры хъуыды кодта Ходон æмæ хъавгæ чызджы æнгомдæр æрбамбæрзта хъæццулæй. 9 Дæгка æмæ Дзибус Валямæ рынчынфæрсæг куы уыдысты æмæ уырдыгæй куы æрыздæхтысты, уæд найы æнæфæразгæйæ æрæййæфтой, кад хуыогæнæ кодта, уæддæр æмæ йыл тынг куы бамæт кодтой, хосы тыххæй ныхас куы райдыдтой, уæд йаахн фæхъæлдзæг кодта æмæ загъта: — Ницы мын уыдзæнис. Зæронд уæрдон кæд хъист фæкæны, уæддæр ма бирæ фæтулы. Нана йæ царды дæргъы рынчыны номыл искуы хуыссæны уыдис, уый нæ хъуыды кæны. Æрмæст а-цы хатт йæ буар æруæззау, риссынц уæнгтæ æмæ йæ хуыссæн йæхимæ æнахуыр тынг ласы. Фæлæ йæ нæ хъæр кæны, зæрондæй бафæллад æмæ куыстæй йæхи сынтæгмæ ласы, зæгъгæ, исчи куы ахъуыды кæна, уымæй тæрогæйæ. Р1æ даргъ царды та бирæ æрæМæфта, уæззау куыстыты рæстæджы-иу йæхи рынчын чи скодта æмæ-иу рынчыны хæринагæй хуыссæны чи ныннард, ахæм чындзытæ. Адæм худгæ кодтой ахæм чындзытыл, 13 Адæм адæм сты ПЗ
æргомæй дæр, хъазæн ныхасы хуызы, æмæ тынгдæрта фæсаууонмæ. Райсомæй йын Зæлинæ йæ хабар куы базыдта, уæд æй йемæ рынчындонмæ кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын уый нæ бакуымдта, хæдзар кæмæн ныууадзон, зæгъгæ, уый æфсонæй. Дзырдта йын Зæлинæ, уæд та дæм ардæм æрбарвитон дохтыры, зæгъгæ, фæлæ уый дæр нæ бауагъта — цæмæн фыдæбон кæна исчи уый чысыл низы тыххæй. Иæ куыстæй куы æрцыдис изæры Зæлинæ, уæд йемæ æрхаста туджы æлхъывд барæн аппарат æмæ йын уый сбарыныл дæр зынтæй оразы ис — уал æмæ уал азы фæцардис æмæ йын никуы ницы уыдис, ныр та йын тæрсын райдыдтой! йæ туджы æлхъывд ын барст куы фæцис Зæлинæ æмæ йын йæ зæрдæмæ хъусын куыд райдыдта, афтæ йæ æрæййæфтой Дæгка æмæ Дзибус дæр. Куыддæр ауыдтой, Зæлинæ цы кусы, уый, афтæ дзыхълæуд фæкодтой дуары бахизæны, дохтыры цæмæй ма бахъыгдарой, уый тыххæй, Зæлинæ йæ хъусын фæуагъта æмæ сын загьта: — Ацæут мидæмæ. Мæ куыст куы фæуон, уæд уæм мæхæдæг фæзындзынæн уатмæ, — æмæ лæгтæ мидæмæ куы аащдысты, уæд дарддæр нанайы сгарыны куыст кодта. Бæрджытæгонд æй куы фæцис, уæд нана тагъд йæ дзауматæ акодта, йæхи адзæбæхтæ кодта, йæ сæрбæттæн æнгом æрбабаста æмæ йæ низæй фервæзыны бæсты загъта: — Цæй дохтыр дæ ис, цæ, дæуæй, дæ фæхъхъау фæуон, нырма сывæллон куы дæ, тæккæ знон дæр чындзытæй куы хъазыдтæ, уæд. — Дохтыр дæн, нæ дæн, нана, уæддæр мæм афтæ кæсы æмæ дын ныртæккæ хуыссæны хуыогæ æмæ хостæ гæнгæ у. — Дæ фæхъхъау фæуон, мæ чызг, ды рынчындоны адæм хуысгæйæ уынын сахуыр дæ, æмæ дæумæ гæсгæ хъуа-мæ хуысгæ кæна, йæ фындзыл цъутхал кæмæн рауайа, уый дæр. Фæлæ, дæ фæхъхъау фæуон, мах зæрондæй дæр хуыссынмæ нæма æвдæлы. Кæд буары исты низ ис, уæд арисдзæн, æмæ банцайдзæн, æндæр æй цæй хостæ хъæуы, — æмæ хæдзарæй федде. 194
— Цæй, куыд у нана, исты тæссаг низ æм ис? — бафарста Дæпка, Дзибуспмæ мидæггаг уатæй хæдзармæ куы рацыдысты æмæ нана кæуыл бадтис, уыцы бандоныл куы æрбадтысты, уæд. — Хорз нæу йæ хъуыддаг... Æвæощæгæн грипп æнæрхъуыдыйæ йæ къæхтыл лæугæйæ ахаста æмæ йынуый ■йæ буары фæтæрчытæ кодта. йæ туджы æлхъывд у дыууæфондзыссæдзæй бæрзонддæр. — Æмæ уый йæхæдæг дæр тæссаг низ куы у, — загъта Дæгка. — Тæссаг низ у, фæлæ ма уымæй уæлдай йæ зæрдæ уæлдай цæлхъытæ кæны æмæ тынг зынæй кусы. Хуыссæны йын йæ фæллад суадзыны æмæ фæсабырдæр уæвыны рæстæг куы раттаид, уæд хорз уаид, фæлæ дын ахæмтæм хъусы! Æз дзы ахæм зæронд усникуы федтон. — Баныхас кæндзыстæм йемæ, бамбарын ын кæнын хъæуы, афтæ гæнæн кæй нæй, уьгй, кæн-нод фесæфдзæн æвæджиау зæронд ус, — загъта Дзибус. — Бирæ рæвдздæр цыма не ’сты йæ рæуджытæ дæр. Дзæгъæл хыр-хыр кæнынц æмæ цæмæй, уый зын бамбарæн у, рентгенæй йæм куы нæ акастæуа, уæд. Æз та нанайы куыд зонын, афтæмæй рентгенмæ йæхи никуы сбæгънæг кæндзæн. Æндæр исты амал ы.н хъæуы. Уыцы ныхас куыд кодтой, афтæ хæдзармæ æрбахызт нана йæхæдæг, йæ къухы ирон тымбыл фынг, йæ уæлæ хæринæгтæ æмæ нозт, афтæмæй. — Уый цы бакодтай, нана, — цырд ын фæлæбурдта йæ фынгмæ Дзибус æмæ йын æй айста. — Махæн цæуыннæ загътай! — Сымах дæр, уæ рын бахæрон, бон-изæрмæ уæ куыстыты фæллайут æмæ ма уæ чи хъыгдары, æз та ам •кæрты къуымты зæронды ралæс-балæс кæнын, æндæр мын дзы куыст дæр ницы уыйбæрц ис. — Нана, æмæ уæд фæрсгæ цæуыннæ бакодтап? — сабыр ын загъта Дæгка. — Мах горæтæй æфсæстæп куы æрцыдыстæм æмæ нæ куы ницыуал хъæуы. — Искæм æмæ хи хæдзары цы бахæрай, уыдонæн иу ад нæ вæийы, дæ нывонд фæуон. Пецы хъармæй дардтон хæринæгтæ æмæ дзы акомдзаг кæнут. Зæли-нæ кастис йæ мадымадмæ æмæ дис кодта: кæ195
нæ иæхæдæг медицннæйы ницыуал æмбары, кæнæ та нана адæймаджы буарæй конд нæу, цавæрдæр фидар хъæды мыггагæй конд у, æндæр ахæм уæззау низтæн бырсьш куыд нæ комы. Æхсæвы дыргъты фæдис куы фæцыдис, уæддæр йæ хуыссæнæй фестад уыцы рынчынæй, зæронд цæргæсы хуызæн, кæд цы феххуыс уыдзæнис, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, уæддæр. Ахæм фæдисы зæронд цæ-ргæс куы сисы йæ базыртæ, уæд æрыгон цæргæстæ ныфсхастдæрæй атæхынц. Фæлæ низæн бырсын цы нæ комы, хъæдæй дæр æмæ цæрæгойæ дæр, ахæм ницы ис, æвæццæгæн, зæххыл. Дымкаг бон ма райсомæй, йæхи загъдау, зæронд уæрдонау, хъиц-хъинцгæнгæ сыстади, хæдзары райсомы (куыстытæ ма акодта æмæ йæхи хуыссæнмæ фæстæмæ æруагъта. — Цы уыдзыстут, æз уын хуыссæны куы æрхуыссон, уæд? Ч.и уæм кæсдзæн, уе ’ппæты дæр уæ куыстытæй уæхимæ фæкæсыны бон дæр куы нæ ис, уæд? — Дохтыр дæм æрæрвитон æви нæ? — афарста йæ Зæлинæ. — Мæ уд дæ рынтæ бахæра, æ-мæ дæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ кодтай, æви ма дзы дæуæй ахуыргонддæр дохтыртæ :ис? — бафарста хъæрзæгауæй нана. — Æз иу хуызы низтæ дзæбæх кæнын. Фæлæ дæ низы хуызтæ æндæр дохтыртæ дзæбæх кæнынц æмæ дæм сæ дæсныдæры æрæрвитдзынæн. — Охх, куы сæ ныууагътаис æмæ сæ дзæгьæлы фыдæбоны куы нæ ’ппарис. Низ у æмæ ардыгæй сихор,мæ афардæг уыдзæн. — Уыйбæрц фæкæсын хъуаг нæма у æмæ æз иучысыл <мæ куыстмæ ныккæсон, базонон, хъæуы цы ног хабæрттæ ис æмæ уайтагъд фæзилдзынæн, чи зоны, ам дæр ма дæ сæййафон, — загъта Дæгка йæ чызгæн æмæ ацыди МТС-мæ. Æмæ йæм æнхъæлмæ кастис Зæлинæ. Уымæй хуыздæр ничи зыдта, зæронд ус .цы уавæры ис, афтæмæй йын иунæгæй ныууадзæн кæй нæй, уый. Æмæ йæ сахат1мæ æркæс-æркæс кодта Зæлинæ. Стæй ма йын хæрз чысыл рæстæг куы баззадис, уæд нанайæн загъта: — Цон, ’мæ куыстмæ ауайон, тагъд фæзилдзынæн. 196
— Цу, дæ фæхъхъау мæ уд æрбауа, цу. Мæнмæ <ницы кæсын хъæуы. Хуыцауæн табу, мæ уд ма мæ мидæг ис æмæ мæхимæ фæкæсынхъом дæн. Æрмæст, æвæццæгæн, рынчын ахуыр нæ дæн æмæ æнафоны сынтæгæй фæлмæцын, мæ низ дæр уымæй тыхджындæр кæны. Фæлæ чысыл ахуыссон, стæй та фестдзынæн æмæ та дзæбæхæй-дзæбæхдæр уыдзынæн. — Нана, æрмæст стгæ ма скæн! Мæ мард фен, маиу сыст, кæннод дæ низ бынтон куы февзæр уа, уымæй тас у. — Хорз, мæ хур, хорз. Нæ сыстдзынæн. Фæлæ ды дæ куыстмæ ма байрæджы кæн. Зæлинæ куы ацыдис, уæд иунæгæй баззадис нана, уаты сынтæджы æнцад хуысгæйæ аэмæ цы уавæры ис, ууыл ахъуыды кодта. Ахæм уавæры никуы уыдис уымæй размæ. Æвæадæгæн даргъ цардæн кæрон æрцыдис... Фæлæ куыд судзы зæрдæ? Цыма пæ исчи куынцæй сдым-сдым кæны, афтæ. Рæуджытæ дæр хыр-хыр кæнынц мидæгæй, кæд хуыфын нæ фæразы, уæддæр æмæ йын фыццагау нæ фаг кæны улæфт. Арф пыуулæфы æмæ йын иу цыбыр рæстæгмæ фенцондæр вæййы. Æ,мæ афтæмæй хъуыды кæны йæ уавæрыл. Кæд (цардæн йæ кæрон æрцыдис, уæддæр ма йын цы бакæна, фæлæ цард дзæбæхдæр кæнын куы райдыдта, адæм даритæ æмæ фæомынтæй хъуаг куыпæуал сты, сæ сывæллæттæн дæр ма къалостæ (нана «къалосты» батинкæтæ хуыдта) æлхæнын куы райдыдтой, уæд цардæй ацæуын бæргæ хорз нæу. Бирæ фаацард нана æмæ йæхæдæг сæхи хæдзары æрæййæфта нæзы цырагъ, уазджытæн цырагъдарæй дæр бирæ фæлæууыд чысылæй. Æрæпйæфта фæтæген (цырагъ дæр быдыры. Ныр электрон тых бæстæ ныррухс кодта æмæ уыцы дунейæ ацæуын зын у. йæ хъуыдытæ дарддæр хæлынц къуыбылой хæлæгау. Æыиу уæд дзывырæй цы зæгъыс? Хохы дзывыр федта, быдыры æфсæнгутон, æмæ ныр та трактортæ, комбайнтæ æмæ æндæртæй йедтæмæ ада&м куыстмæ сæкæдæг сæ къух дæр нал кæньшц. Æ.мæ даргъ царды цытæ федта нана, уый мæрдты чи ис, уыдонæн куы дзура, уæд сæ уырнгæ дæр нæ бакæндзæн, æрмæст гæ197
ды ныха-сгæнаг никуы уыдис æмæ йыл кæд уый тыххæй баууæндой... Уадз æмæ йæм Зæлинæ дохтыр æрæрвита æмæ йын исты хостæ акæна. Нанайæн йæхи никуы бахъуыдысты, фæлæ сæм адæм куы цæуынц æмæ сæм куы хостæ кæнынц, уæд адæм æрра сты? Азтæ йыл бирæ цæуы, фæлæ цæргæ та цы акодта? Æрмæст иу-дыууиссæдз азы бæрц... Ехх, тæхуды, революцийы фалейы йын цы æхсæз æмæ дыууиссæдз азы баззад, уыдон революцийы ацырдыгæй куы фæуыдаиккой, уæд -ма сæ чызгау сæрæнæй бæргæ арвитид. Фæлæ йæ уыцы уæззау цард бадомдта, йæ бон ын базонын кодта, æндæр ныры цардæй, æвæццæгæн, царды азтæ сæдæйæ бирæ дарддæр ма ахæццæ кæнид. Нана хъуыдыты аныгъуылд, фæлæ бæлвырд æрхъуыды кæнын йæ боп ницы баци, сæ-ры магъзыл ми-гъ æрбадти æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. Стæй та куы фæтыхстдæр, уæд ракаст æмæ ныуулæфыд. Цæй æрæлмæ æрвиты Зæлинæ дохтыры? Кæд дзы рох фæцис? Бирæ куыстытæ сын ис æмæ алчи сæ зæрдыл куыд лæудзæни. Фæлæ йын зæрдиагæй куы загъта, уæд куыннæуал æрбалæууы йæ зæрдыл. Уыцы сахат кæртæй æрбайхъуыст сылгопмæгты æмæ нæлгоймæгты ныхас Нæлгоймаг йæ сиахс уыди, фæлæ сылгоймаджы йæ ныхасæй нæ базыдта. Уалынмæ ныхас чи кодта, уыдон уатмæ, нанайы размæ бахызтысты. Уыдон уыдысты Дæгка, стæй йæ сæр кæмæи фæхалас, фæлæ ма йæ цæсгом чызджы цæсгомы хуызæн рæсугъд æмæ æрыгон хуызæй кæмæн баззад, ахæ-м дохтыр æмæ æры-гондæр чызг, æвæццæгæн, сестра уыдис уый та. Фæлæ къухы цы чумæдан æрбахаста, уьий та йæ цæмæн хъæуы? Æ-гайтма йæм афоныл сæмбæлдысты, кæд ма йын исты феххуыс уаиккой æмæ йæ фервæзын кæниккой. йæхи йын змæлын нæ бауагъта дохтыр (стæй йæ куы бауагътаид, уæддæр йæ бон нал сцадаид йæ къабæзтæ фезмæлын кæнын, — афтæ йæм кастис), фæлæ йæ сесграимæ баввонг кодтой уынынмæ. Дæг-ка, зæронд ус æфсæрмы куы кæна, зæгъгæ, иннæ уатмæ ацыдис. Дохтыр æм куы фæхъуыстытæ кодта алырдыгæй 198
дæр йæ гуырæй уæлæмæ, чызг цы чумæдан æрбахаста, уььмæй йын цавæрдæр телы кæрæттæ йæ уæхскыл æмæ йæ къахы кæроныл цæхгæрмæты куы фæдардтой, уæд ыл фæстæмæ йæ дзаумæттæ скодтой æмæ сæ размæ фæдзырдтой Дæгкамæ, рынчыны низы хабар ын бамбарын кæныны тыххæй. — Зæлинæ куыд равзæрста, æнæг афтæ йæ низы хатт у миакарды инф’аркт, — загъта дохтыр æмæ йын йæ ныхæстæ нæ бамбæрста нана, фæлæ дохтыр æнкъардæй кæй ныхас кодта, уьпмæ йæ зæрдæ фехсайдта. Æмæ зынæн бафæраздзæн нана, ныр куыд риссы, уы<мæй ма ноджы тыхджындæр рыстытæн дæр бафæраздзæн, æрмæст... Мæлæт адæймагæй кæнгæ нæу, фæлæ йын хъуамæ адæймаджы къухы хос уа, ау, æнæхъæн дунейыл уыйбæрц ахуыргонд дохтыртæ ис... Мæрдты æгас кæнынц, зæронды та æрыгон зæгъгæ, куы фæдзуры Зæлинæ, уæд удæгас адæймаджы низæй фервæзынгæнæн нæй?! Уыцы хъуыдытæ цалынмæ кодта нана, уæдмæ дохтыр дæр Дæгкайæн кодта зæронд усы низы хабæрттæ: — Зæрдæйы тыххæй оистам электро-кордиограммæйы ныв æмæ нын уый бæлвырддæр зæгьдзæн инф’аркты тыххæй. Фæкæсдзыстæм æм медицинæйы къухы цыдæриддæр хостæ ис, уыдонæй æ-мæ дзы цы рауайдзæн, уый фендзыстæм. Сестра укол куы окодта нанайæн æмæ йын дохтыр цы хостæ бацамыдта, уыдон ын куы бануазын кодта, уæд нанайæн ницы зæрдæвæрæн ныхас загътой, афтæмæй ацыдысты. Нанайæн йæ низмæ йæ зæрдæ æхсайдта, фæлæ æфсæрмы кæнгæйæ бафæрсын йæ сæрмæ нæ хаста, зæгъгæ, куы зæгъой, уыйбæрц фæцардис æмæ ма мæлынæй тæрсы. Хуыссыдис æнцад æмæ æнхъæлмæ кастис, сиахс ын йæхæдæг цы зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ Дæгка уыцы æнкъардæй йæ разы бадтис æмæ бирæ рæстæг ницы дзырдта, æмæ уæд нана йæхæдæг загъта: — Уæ рынтæ бахæрон, цы ма тухийæ марут дохтырты дæр? Сылгоймагæн цæрын цас æмбæлы, уьгмæй бирæ фылдæр куы фæцардтæн, ме \мгæрттæ рагæй куы 199
сты зæххы бын иууылдæр. Мæ фæстаг æмгар Джегаты Дзего, мæгуыр, æхсæз азы размæ куы амардис. — Цардæй æфсис кæмæн ис! Фæлæ дьгн дохтыр дæ низ афтæ тæссаг нæ хоны, — зæронд усæн зæрдæ авæрыны тыххæй мæнг ныхас загъта Дæгка, — дзæбæх дæ скæндзысты, зæгъы, фæлæ ахæм низы ахаст у æмæ дæ дзы æнæуæлдай змæлд кæнгæйæ дзæвгар рæстæг хуыссын бахъæудзæн. Æмæ ды дæр иокуы дæ фæллад суадзай æви нæ? — Æз мæ фæллад уадзынмæ куы æрцæуон, уæд уæм чи кæсдзæн, мæ сæр уæ нывонд фæуа! — Хуыздæр гæнæн нæй. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй дын бирæ рæстæгмæ дæ сынтæджы æнæ фæстиат кæнгæ нæй. Мах дæр исты амæлттæй ирвæздзыстæм. Ау, нæ хæдзары ма дыууæ сылгоймаджы куы ис. Нана афтæ бамбæрста, зæгъгæ, Дæгка хæдзары дыууæ сылгоймаджы кой кæ.м кæны, уый тыххæй йын йæхæдæг кæддæр цы загъта, уьгцырдæм здахы йе ’мбарæн ныхас æмæ та уæды ныхас æрымысыдис: — Гъе, æмæ дын, гормон, раджы куы дзырдтон, хæдзары дæ номыл сылгоймаг куыд уа, афтæ бакæн... — æмæ йæ ныхасæй æвиплайды фæхъус — уыцы рæстæг рудзынгæй фæзындис Залхан йæхæдæг, уый йæ тетрæдтæ æмæ чингуыты дæлармы дзагимæ й<æ уатмæ баивгъуыдта. — Æркæс’ æм, базон ын нæ зонд дæр, йæ хъару дæр, сымах, лæгтæ, уымæ дæсныдæр стут. Йæ бакаст циу, уый та иу фендæй дæр бæрæг у æмæ дзы рæсугъдæй дарддæр ницы зазгъæн ис, — дзырдта дарддæр нана ссæст хъæлæсæй, йæ ныхас Залханмæ куыд нæ фехъуыса, афтæ. Фæлæ йæм уæдмæ Залхан рынчынфæрсæг æрбацыд æмæ ницыуал загъта. Залхан рынчынæн йæхи куы афæрстытæ кодта, уæд баздæхт Дæгка’мæ æмæ йæ бафарста, дохтыр нанайы низæй цы зæгъы, уымæй æмæ йын уый дæр уырыссагау дзуатш куы радта, уæд бахъыг кодта æмæ уымæй дарддæр ныхас кæнын райдыдтой иронау. Нанайæ сæ ныхас æмбæхсын куыд нал хъуыдис, уымæ гæсгæ. «0, хорз сылгоймаг у Залхан, æд зонд, æд хъару æм,æ наиамæ байхъусгæйæ, уæд, æвæццæгæн, æвзæр нæ уаид, — хъуыды кодта йæхинымæры Дæгка. — Фæлæ 200
йын бакой кæн, зæгъгæ, уæд цымæ цы дзуапп ратгид? Чи зоны æмæ разы дæр ма суа, цыма йæм уыцы хъуыдытæ никуы æрцæуынц æмæ йæ ахæм ныхæстæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц, афтæ дары йæхи». Цæмæй зопы Дæгка, кæддæр ын -нана ахæм кой куы скодта, уæдæй фæстæмæ йæм уый æнхъæлмæ кæй кæсы æргом ныхасмæ. Раст зæгъын хъæуы, уæд нанайæн æвиппайды дзуапп нæ радта, хъуыды дæр никуы кодта уыцы хъуыддагыл æмæ дзуапмæ цæттæ нæ уыдис. Æгæр дзаг ма уыдис Залханы зæрдæ, хæсты йын чи баззад, уыцы мой Ванойы уарзондзинадæй æмæ уыцы уарзондзи-над зæрдæйы æндæр иокæмæн бынат ратдзæн, уый йæ уырнгæ дæр нæ кодта уыйбæрц. Фæлæ изæрты иунæгæй бадгæйæ куы ахъуыдытæ кодта, уæд бамбæрста, хæст йæ сау ми бакодта, фæлæ дарддæр иунæгæй, царды æнæ æнцой лæууæгæй сылгоймагæн цæрын аив дæр кæй нæ у æмæ хорз дæр. Уæдæ уыйбæрц ацæргæ дæр нæма сты æмæ хъуамæ сæ цард хорз ма рауайа. Уæлдайдæр, Дæгка у Ванойы хуызæн сабыр, æнæмаст æмæ зондджын адæймаг. Цалынмæ æнцад ныхас кодтай алы хабæрттыл (Залханæн та йæ сæйраг ныхасаг уыдис, хицауад фарста кæй æрæвæрдта скъола политехнизаци окæныны тыххæй, ууыл æмæ йæ рагон фæндон кæй æххæст кодта, уый тыххæй хъæлдзæг уыдис), уæдмæ афынæй ис нана, дзæбæх, æнцад, сабыр фынæйæ æмæ рынчын ни~ цы уæззаудæр у, æрмæст фынæй æрцис, зæгъгæ куы бамбæрстой, уæд ацыдысты Залханы уатмæ, кæд ын Залхан нæ загъта, мæимæ уал рацу, зæгъгæ, уæддæр, афтæ сахуыр сты кæрæдзиуыл æмæ сæ кæрæдзийæн ахæ-м «рацутæ» дзурын нал хъуыдис, афтæ кастис, хæдзары чи цардис, уыдонæн се ’ппæтмæ дæр. Цæмæй Залхан йæ политехнизацийы кой кæнын дарддæр ма райдайа, уый тыххæй Дæгка, куыддæр æрбадтысты, афтæ йæ ныхас фæразæй кодта. — Мæгуыр, нана ма цалынмæ дзæбæх уыд, уæдмæ мын иу хъуыддаджы тыххæй дзырдта, ской мын æй кодта ныр уыцы рыичынæй дæр æмæ цыма раст у, афтæ мæм кæсы. — Æ1мæ дын цы кæнын кæны? Кæд дæм раст кæсы, уæд æй цæуыннæ кæныс? — бафарста йæ Залхан æмæ 201
цыма йæ цæсгом рог фæсырх, афтæ фæкаст Дæгкамæ, æвæццæгæн, бамбæрста цæуыл дзурдзæн, уый. — Акса-ма, Залхан, уый æрмæст иу адæймагмæ хорз куы фæкæсы, уæд ын афтæмæй аразæн нæй. Цæмæй арæзт æрцæуа хъуыддаг, уый тыххæй ма хъуамæ æндæр искæмæ дæр хорз фæкæса. — Дæумæ хорз цы фæкæса, уый иннæтæм дæр хъуамæ хорз фæкæса. — Иннæтæн бар сæхи, фæлæ дæумæ хорз куы фæкæаид, уæд хъуыддаг саразижам, нана куыд зæгъы, афтæ, ома, растдæр куыд у, афтæ. — Зæгъ, цы дын кæнын кæны, уый æмæ æцæг хорз хъуыддаг кæд уа, уæд ма йæ адæмæй уæлдай æз дæр кæм рафаудзынæн? — На мын рагæй дзуры, æз æмæ ды нæ цард куыд баиу кæнæм, афтæ. (Кæд уьщы ныхаомæ æнхъæлмæ кастис Залхан, уæддæр йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт.) Æмæ мæнмæ раст кæсы, фæлæ дæумæ дæр раст куы фæкæсид, уæд цыма дыууæйæ дæр нæ амонд осариикам ацы кары дæр, афтæ мæм кæсы æмæ йыл куы ахъуыды кæнис, уый мæ фæнды... Уьщы рæстæг тыргътæй æрбайхъуыст къæхты хъæр æмæ дыууæйæ дæр базыдтой, Зæлинæ йæ куыстæй кæй æрцыд, уый. Фæлæ тыргътыл цыдæр архайыныл фæцис æмæ Залханмæ фездæхинаг нæма у, уый куы бамбæрстой, уæд дарддæр кодтой сæ ныхас. Залхан иудзæвгар хъусæй фæлæууыд, зæхмæ кæсгæйæ, æвæццæгæн, ацы сахат сагьæс кодта, бирæ æхсæвты цæуыл фæхъуыды кодта, уыдоныл æмæ йæ ныртæккæ дзуапп раттын хъуыдис. — Мæхицæн аккагыл кæй банымадтон æмæ цæргæ бирæ нæ, фæлæ тынг дзæбæх кæимæ ацардтæн, уыцы Вано мын хæсты куы фесæфтис, уæдæй фæстæмæ мæм ахæм хъуыды никуыуал æрцыдис- Мæхицæн ахæм ныфс сæвæрдтон, æмæ, зæгъын, иунæг ном мæрдтæм мæ зæрдæйы бахæсдзынæн, мæ царды фæстаг бон куы æрцæуа, уæд. — Гъе, кæсыс, æвæццæгæн иухуызон нæ хъуыды кæнæм, дæумæ бынтон æндæр фæндтæ ис, — хъазгæйæ загъта Дæгка, æмæ йæ мидбылты бахудт. — Бахатыр кæн, афтæ зæгъынмæ нæ хъавыдтæн,— 202
фæсырх Залхан. — Дæуæн цы ныхас кодта, уыцы ныхас дæ разæй мæнæн дæр кодта нана æмæ йыл тынг бирæ фæхъуыды кодтон. — Æмæ? — афарста йæ Дæгка. — Æ’Мæ бæлвырд уьшаффæмæ нæма æрцыдтæн, фæлæ нана цыма раст у, æз дæр афтæ хатын. Æвæщцæгæн, цард афтæ арæзт у æмæ дзы иунæгæй зын цæрæн у, уæлдайдæр сылгоймагæн... Уыцы сахат нанайы дуары хъинц фæцыдис æмæ тыргъæй æрбайхъуыст Зæлинæйы цъæхахст, æвæццæгæн, дуар куы байгом кодта, уæд æвиппайды хъуыддаг бамбæрста æмæ ’мидæмæ нал бахызт: — На-на-на, нæ хæдзар нын куы фехæлдтай! — Хуыцау ма зæгъæд, хуыцау ма зæгъæд,—дзырдта Залхан, кæд диныл йæ гыццылæй фæстæмæ дæр не ’ууæндыд, уæддæр, æмæ дыууæйæ дæр фæд-фæдыл разгъордтой тыргъмæ. — Нæ хæдзар бабын, нана нын нал ис, — хъарæггæнавгау загъта Зæлинæ æмæ йæ уырзтæ йæ уадултыл дардта, æртон’ын æввонг. Фæлæ тонгæ нæ кодта уадултæ. Мидæмæ, нана кæм хуыссыд, уырдæм тарст каст кодта. — Фæлæуу, кæд фынæй у, уæд та? — бабустæ йыл кодта фыд. — Нæу, фынæй нæу, фæлæ нæ хæдзар фехæлдис,— куыдта Зæлинæ, цы бирæ мæрдтæ федта йæ дохтыры куысты бонты, уыдон цыма мæрдтæ нæ уыдысты æмæ мард абон фыццаг хатт федта, афтæ. Дæгка æмæ Залхан бацыдысты нанайы уатмæ. Уый æнцад, фынæйы хуызæнæй хуыссыдис йæ сынтæджы. йæхæдæг сæхгæдта йæ цæстытæ, йæ къухтæ сæвæрдта, мардæн куыд æвæрд вæййынц, афтæ, цы-ма уыдоны раст кæныныл искæйы фыдæбон кæнын куы бахъæу<а йæ •мæлæты фæстæ, уымæй тарстис, афтæ. 10 Райсом сæумæцъæхæй Дæгкайы дарæстæ сыгъдæг кодта Залхан. Иннæ хъуыддæгтæ иннæ хъуыддæгтæ сты, фæлæ лæджы дарæстæ сыгъдæг кæнын сылгойма203
джы хæсыл нымадта Залхан æмæ йын-иу уьщы куыст кæнын йæхицæн дæр æхсызгон уыдис. Æвæццæгæн, нæ чиныгкæсæг куыд бамбæрста, афтæмæй Дæгка æмæ Залхан иумæ бадардысты, кæд найы мардыл бирæ рæстæг нæма рацыд, уæддæр, уæлдайдæр та нанайæн уый йазхи фæндон уыдис. Æмæ сæ уромгæ дæр хъуамæ цы бакодтаид? Сæ хъуыддаг фыццаг нæу, æрыгæттæ нал сты æмæ сын хъæзтытæ æмæ зæрдтытæ нал хъуыдис. Фæдзырдтой хæлар адæмтæм, кусарт акодтой, хуынды адæм басидтысты, оæ иог царды сæ дарддæры амонд куыд ссарой, ууыл æмæ иумæ цæргæйæ баззадысты. — Цæй, ныууадз сæ, æз хæстон лæг дæн æмæ сыгъдæггæнджытыл не ’сахуыр дæн, — йæ хуыссæнæй йæм дзырдта Дæгка. — Фæлтау дæхи бахъæрмттæ ■кæн, дæхицæн исты хæринаг фен. Де ’окъоладзаутимæ дæ нартхор тонынмæ цæуын куы хъæуы, уæд куыдæй ацæудзынæ? — Уыдæттæ кæнын дæр баййафдзынæн, нырма æвдæм сахат æрдæг йедтæм’æ нæма у æмæ бон кæнып тагъд нæма райдайдзæн. Сыгъдæг кодта дзаумæттæ, уыцы куыст ын-иу куыд æхсызгон уыдис, афтæ æхсызгонæй. Цыппæрдæс •азы рацыдис, йæ мой хæсты куы бабын ис, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ йын-ну уæддæр йæ дзаумæттæ райста æмæ сæ-иу йæхи сыгъдæггæнæг окодта. Куыдтæй йыл аивгъуыдтой уьицы цыппæрдæс азы, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Уарзта йæ куыст, уарзта сывæллæтты æмæ -ма царды, йæ мой Вано хæсты куы фесæфт, уæдæи фæстæмæ уымæй дарддæр истытæ ис, ууыл хъуыды дæр никуы акодта. Æмæ, æвæццæгæн, афтæ цæргæйæ баззадаид дарддæрдæр, йæ амонд ын Дæгкайы йæ размæ не ’рбахæс■гаайæ, уæд. Фæлæ Дæлкаимæ куы бацард, уæд æнхъæл иуыд нæ уыд, а^фтæ та йæм цард æрыздæхтис куыд у, афтæмæй, садджын ын ис æмæ йæ зæрдæ рухс кодта, цыма йæм хур бакаст, афтæ. Уæлдай амондджындæр та уыдис уымæй, æмæ йæ Зæлинæ ноджы тынгдæр бауарзта, æвæадæгæн, раст йæхи мадау. Валя афтæ куыфæцис (паралич æй ньщцавта, зæгъгæ, йæхинымæры дæр никуы загъта), уæдæй 204
фæстæмæ тынгфенкъард ис Зæлинæ æмæ хъæзтытæм æмæ циндзинæдтæм никуыуал цыд. Раздæр ыл нæцыдисЗалханы бон, аив дæрæм нæ-кастис, кæд ма хæрз æрыгон у, уæддæр районы рынчындоны сæйрагдохтыр чи у, уымæ ахæм ныхас скæнын. Фæлæ ныр йæ мад куы баци, уæд ын фæзæгъы: ауай, гормон, иу кæнæ иннæ Ц’индзинадмæ, кæннод дæхи зæронд усы бынаты куы цæвæрдтай. Ауай æмæ дæхи де ’мгæрггамæ аирхæфс,— оæгъгæ, æмæ йын кæд зын вæййы, йæ уарзон нанайы мысгæйæ, уæддæр ацæуы. Нанайыл куыд ахуыр уыдис, куыд æй уарзта, афтæ йыл сахуыр æмæ йæ бауарзта Залханы дæр Зæлинæ æ.мæ уый амонд у... — Цæй ныууадз æмæ дæхи кой бакæн, — радзырдта та йæм Дæгка æмæ йын цæй æхсызгон уыдис уыцы ныхас! Куыд хорз у, адæймагыл ма йæхи йедтæмæ исчи куы фæмæт •кæны, уæд? Дзаумæттæ сыгъдæгæй сæ бынаты сæвæрдта æмæ йæхи нартхор тонынмæ цаэттæ кæнын байдыдта. Дзибус баныхас кодта окъалайы директорим-æ, растдæр зæгъгæйæ та Залханæн йæхиимæ, хуыцаубонты нартхор тонынмæ куыд фæкæсой, афтæ, æмæ йæ, бон куы æрбащъæх уа, уæд цæуын хъæуы скъоладзаутимæ. Директор политехнизацийы ныхмæ куыд цыдис, уымæ гæсгæ æмбæрста дарддæр диракторæй кæйнæуал баззайдзæн, уый æмæ ма æнæуи кæд акуыстаид, уæддæр пенсимæ цæуыныл ныллæууыдис æмæ куыстытæ иууылдæр Залханыл баххуырста. «Правдæйы» Залханы фыст куы рацьддис, юкъолайы рацаразыны тыххæй хицауад хъуыддаг куыд æрæвæрд’та, афтæ йæ-м раст кæй кæсы, уыцы хъуыды кæм загъта, стæй ног, пайдайаг фæндон кæм бахаста, уыцы фыст, уæд æм директор æвиппайды æрбамæсты æмæ йын загъта: — Дæхицæн директоры бынат (цæттæ «æныс? Æмæ гъæй кæн. Æз пеноимæ цæуын æмæ дæ уæддæр ницыуал бахъыгдардзынæн, — фæлæ уайтагьд дæр фембæрста, Залхан ахæм адæймаг кæи нæу æмæ ахæ^м ныхæстæ уымæ кæй нæ хауынц, уый æмæ дзы уайтагъд хатыр ракуьгрдта, афтæмæй йын сабырæй загъта: — Æмæ уæвгæ дæр афтæ уыдзæн. Дæуæй хуыз205
дæр дзы кæй сæвæрой, ахæм дзы ничи ис æмæ ныртæккæ цæуын райдай скъолайы хъуыддæгты. Æмæ йæ абон дæр уымæн арвыста скъоладзаутимæ нартхор тонынмæ, кæд ын тынг бирæ тетрæдтæ æркæсинаг уыд хуыцаубоны, уæддæр. Бон чысыл куы æрбацъæх ис, уæд скъоламæ ацыдис Залхан æмæ дзы ныййæфта, йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыцы скъоладзау чызджыты æмæ лæппуты, фæлæ скъоладзаутæн сæ фылдæр хай не ’рæмбырд. Чн не ’рцыди, уыдонæн дæр афтæ ныууадзæн нæй, уæд хæлгæ кæны окъолайы æгъдау æмæ æгъдау цы скъолайы нæ уа, уым та Залхан кусын никуы фæрæзта æмæ нæ бафæраздзæн дарддæр. Чи æрæмбырд ,ис, уыдонмæ хицæн гæбæзтыл фыс^ тæй авæрдта, чи не ’рцыди, уыдон номхыгъд, чызджы-*' тæм чызджыты номхыгъд, лæппутæм лæппуты номхыгъд æмæ сæ арвыста хæдзæрттыл зилæг æмæ сын ныффæдзæхста, зæгъгæ, кæмæ бадзурат, уый цалынмæ уемæ рацæуа, уæдмæ-иу æй ма ныууадзут. Цы афон араст кæнынмæ хъавыдис Залхан, уымæй байрæджы кодта æмæ тыхстис, скъоладзаутæн уæддæр иучысыл æгъдау фехалын сæ бон кæй ссис, уымæй. Фæлæ ницы кæны. Уьгй кыгъд хистæр къласы скъоладзаутæй æнæниз уæвгæйæ, йæхи бафæсаууон кæнынмæ чи хъавыдис, уыдоны се ’лпæты дæр ракодтой æмæ иумæ, æнæхъæн æфсадæй цæуынц. Уый дæр хорз у. Дыккаг хатт зондзысты æмæ ничиуал бафæсаууон кæндзæнис йæхи. Бæмбæджджын телогрейкæйы, дæрдджын фæсмын юбкæйы, къуымбил цъындаты æмæ бæрзондхъус батинкæты цыдис Залхан йе ’скъоладзауты разæй. Цы у ахуыргæнæджы амонд? йе ’окъоладзаутæ йæ куы бауарзой æмæ кæд «хицæн чъыллиппытæ» акæнынц, уыцы кары æнæ акæнгæ кæмæн нæй, ахæмтæ, уæддæр æм куы фæхъусынц æмæ сын цы фæзæгъы, уый куы фæкæнынц, тæрогæ дзы кæй ’кæнынц, уый тыххæй нæ, фæлæ йæ уарзгæ кæй кæнынц, æфсæрмы дзы кæй кæнынц, уый тыххæй, уæд уый ахуыргæнæджы стырдæр амонд у. Æмæ Залхан хаты, уыцы митджын зьимæгон уазал райсомæй йæ цал æрыгон зæрдæйы хъарм кæнынц, уый. Алырдыгæй йæм сывæл206
лæттæ сæхи æлхъивынц æмæ уьгцы хъуыддаджы чызджытæ кæддæриддæр разæй вæййынц. Уыдон нылхъывтой Залханмæ сæхи астæуæй, кæрæтты та æрбацæг сты лæппутæ. Æрмæст сын ахуыргæнæгимæ дзурынæн æфсон цæмæй уа, уый тыххæй йæм дæттынц алыхуызон фарстытæ æмæ сын уый зæрдиагæй дзуаппытæ дæтты — сывæллæттæн цыфæнды алы фарстæн дæр зæрдиагæй бæлвырд дзуаппытæ дæттын хъæуыÆмæ йæ афтæ кæй уарзынц, арæх æй кæй фæрсынц, уый фыццаг хатт нæ бафиппайдта Залхан. Фæлæ йын 'Мæнæ ныр, нартхортонынмæ цæугæйæ йæ куыд фæрсынц, уый уæлдай æхсызгондæр у — сывæллæттæм нартхор тонгæйæ тыхдзырд нæ хъæудзæн æмæ сæ чи (куыд арæхса, афтæ æнæхинæй кусдзæнис. Сывæллæтты та кусыныл ахуыр кæнын æнæмæнг хъæуы. Æрмæст сæхæдæг цæттæ кæй уыдзысты алы фездыхсыны сахат, уымæй уæлдай ма сæ ныййарджыты фæллойæн дæр аргъ кæнын базондзысты æмæ хæдзары сæхи схъæлбоз нæ дардзысты. Ныртæккæйы фæсивæдæй та, кæд хъыгаг у, уæддæр ахæмтæ бирæ ис. Фæлæ кæй аххос у уый? Иæ цоты кусын чи нæ уадзы, мах нæхæдæг сау куыст бирæ фæкодтам æмæ æгъгъæд у, нæ цот та уадз æмæ цардæй исты феной, зæгъгæ, уыцы ныййарджытæ сты аххосджын, уыдон сае цотæй сæхицæн æлдæрттæ сарæзтой æмæ ма æрæджиау бæргæ æрфæсмон кæнынц, фæлæ байрæджы вæййы. Уыцы хъуыдытæ цалынмæ кодта Залхан, уæдмæ бахæщцæ, сæ хай сын кæй разы бацамыдтой, уыцы хъæддаг кæрдо бæласмæ. Бæласæн йæ мит ничи æрцагъта æмæ уыцы хъæпæнтæй лæууыдис йæ къалиутыл æмæ сæ дæлæмæ æртасын кодта. Фæлæ уæддæр зындис, сау рæгъæд кæрдотæ йыл æвирхъау бирæ кæй уыд, уый. Уæд Залханы зæрдыл æрбалæууыд, хъæуы сæрмæ колхозы стыр дыргъдон, æмбисæхсæвы фæдис. Уæддæр дзы дыууæ-æртæ бæласы йедтæмæ сæттын нæ бауагътой. Дзибус ын йе *окъоладзаутæ уырдæм кæнынмæ хъавыд, дыргъуидзынмæ. Уырдæм дыргъ уидзынмæ куы ацыдаиккой, уæд, чи зоны, хуыздæр уыдаид, æнцондæр куыст уыдаид сывæллæттæн дыргътæ уидзын. Фæлæ 207
сæ фæллой уарзыныл кæм ахуыр кæны, уым сын æнцоидæр куыст æвзарын нæ хъæуы, фæлæ куысты ад кæм базондзьвсты, æмæ уьгмæн та нартхор тоныиы куыст хуыздæр у. Кæрдо бæласæй галиуырдæм адаргъ сты колхозы нартхортонджытæ, рахизырдыгæй та фæндаджы онг лæууыди нарæг уадздзаг æнæвнæлдæй. Бæласы галиуырдыгæй æппæты кæроны нартхор тыдта Данел, афтæ тагвд арæхстис æмæ нартхоры æфоиртæ тахтысты чыргъæдмæ фæд-фæдыл. Цыма йæ комбайны куыст йæхæдæг аивынмæ хъавыд, афтæ тагъд архайдта. — Æгас нæм цæут, Залхан, дæ фæсивæдимæ, — загъта Данел. — Арфæгонд у, — дзуаппы салам радта Залхан æмæ ма бафтыдта: — Ды цымæ нæ зоныс, Данел, махæн тонинаг кæм рахицæн кодтой, уый? — Цæуыннæ. Дæ разы дæ тæккæ размæ. Чыргъæдтæ дæр уын акалдтой уæртæ бæласы бын. Бирæ не ’сты, уæддæр сæ колхозонтæ фæхæссинаг уыдысты, фæлæ сæ æз нæ бауагътон. Ацы миты дæхæдæг цæмæн рацыдтæ, кæстæр ахуыргæнджытæй сын искæйы цæуыннæ фæбалц кодтай семæ? Куы фæрынчын уай ды, уæд æппæт окъолайы куыстытæ дæр куы ныкъкъуылымпы уыдзысты. — Уый мæнæн ницы у, фæлæ дыМТС-ы комбайнерæй куы кусыс, уæд ^ам нартхор цæмæн тоныс? — Комбайн нал арæхсы, зæгъгæ, уæд хъуамæ нæхицæй акæнæм чысыл комбайнтæ, уæдæ куыд? Чи фæразы ацафон нартхæрттæм æнæ тындæй кæсын? Чи уадзы ахæм сахат йæхи æнцойæ бандонмæ?! — Уымæй раст зæгъыс бæргæ. Цæй, кæд ацыхай махæн дихгонд у, уæд æм тонынмæ бавналæм... Фæсивæд, марадзут, чыргъæдтæ айсут æмæ нартхор тонынмæ бавналут, ацы гæппæл нæ хай у, æмæ йæ куыд тагъддæр фæуæм, афтæ раздæр ацæудзыстæм хъæумæ, куьг нæ йæ фæуæм, уæд та нæ суанг изæры талынгтæм дæр æм лæууын хъæуы, — йæхæдæг йæ телогрейкæ фелвæста æмæ йæ бæласы къалиуыл æрцауыгъта, стæй уыцы рæвдзæй нартхор тонынмæ бавнæлдта. — У-у, Залхан, æз мæхи фæтыхджындæр кæндзынæн æмæ ма дæу хай дæр æртондзынæн, фæлæ ды 208
нартхор тонынмæ ма ’внал, — æрбадзырдта йæм Дансл, кæд зыдта, йæхæдæг .æм куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ ахæм куыстытæм Залхан нæрæмон кæй у, уый, уæддæр. — Æмæ уæд нæ баоидзынæн, миты рагъыл æнцад лæугæйæ, Данел? — Уый дæр раст у. Ууыл фæцис сæ ныхас æмæ дарддæр тьгдтой нартхор, æнæдзургæйæ. Сывæллæттæй иуæй-иутæ хъазæн митæ акæнынмæ хъавыдысты, фæлæ сæ ахуыргæнæджы афтæ æнувыдæй кусгæйæ куы уыдтой, уæд уыдон дæр зæрдиагæй æвнæлдтой тонынмæ. Уæвгæ та цæй хорз у ахæм ирд бон быдыры кусын! Адæймаг фæллайгæ нæ кæны, фæлæ уæнгрог. Уæд уæлдæф та?! Раст цыма мыд цъиры адæймаг, афтæ дзы улæфы- Æмæ уæд аппетит та куыд æвзæрын кæны! Залхан иупæгæй цæргæйæ фæцахуыр ис æнæхæргæиæ аззæдтытæ кæнын. Æмæ ма искуы исты бахордта аппетитимæ, уый йæхæдæг дæр нæ хъуыды кæны. Фæлæ йæ ныр афтæ хæрын бафæндыд æмæ, æвæццæгæн, кæйдæр куыд фæфæзмыыц, афтæ цыппæрдæс насджыны æмæ галы сæр дæр бахæрид. Æмæ сæ фарсмæ колхозонтæм куы æрбахæццæ ис, тæф кæлгæ сихор къухнийы, уæд æм ноджы тынгдæр хæрын æрцыд. Кæд уый размæ нæ зыдта быдыры чи кусы, уыдоп афтæ зыдæй æнхъæлмæ фæкæсынц хæринагмæ, уый, уæд æй ныр йæхиуыл бавзæрста æмæ сывæллонау иал хъæцыдис сихоры æрбахæццæмæ. Стæй сывæллæттæ дæр афтæ кæй нал хъæцынц, æмæ оæ куыст бæлвырд кæй фæлæмæгъдæр кодтой, уый дæр æмбæрста æмæ сын загъта: . — Цæй, фæуадзæм уал нæ куыст æмæ нæ фæллад суадзæм сихоры размæ. — Æмæ фæсивæд æвиппайды, цыма хæйрæджджынтæ фестадысты, уыйау базмæлыдысты — иутæ дзы нартхæрттæ кæрæдзиуыл цавтой, иннæтæ та кæрæдзийы цæсгæмттыл мнт калдтой. Фæлæ сæм уыцы фыдуаг миты тыххæй ницы дзырдта Залхан — фæсивæдæн уыдон, æнæкæнгæ кæмæн нæй, ахæм хъæзтытæ сты. Колхозонтимæ куы ахицæн кодта пъовыр йæ хъуыддæгтæ, уæд йæ машинæ фесхуыста æмæ скъоладзаутырдæм рараст. 14 А"æм адæм сты Ж
Днссаджы адджын рауад пъовыры борщ, æндæр æй уæлдæф æмæ куыст дæр афтæ куыд садджын кодтаиккой. Æхсызгон у Залханæп, сывæллæттæ куыд адджынæн хæрынц, уый. Уæртæ ма Майрæм дæр йæ сæр ныггуыбыр кодта къусмæ æмæ уидыг уидыджы фæстæ скъæфы йæ дзыхмæ. Афтæмæй та хæдзары йæ мадæн хæринагыл тæргæйттæгæнаг у, æмæ йын иу сихорыл цалдæр хæринаджы скæнын кæпы... Фесты сæ хай тынд боны дыккаг æрдæджы æмæ рацыдысты хъæумæ. Цæй рухс уыд Залханы зæрдæ! Цыма цард бынтон сног, афтæ йæм каст... II. АМОНД КÆНГÆ У I Суанг зымæджы райдайæны, Дзибус Валяйы бæрæггæнынмæ куы ссыдис горæтмæ, уæд рауад ныхас Дзибус æмæ Гæбæтийæн, Валяйы чи лзæбæх кодта, уыцы дохтыр æмæ сæ профессоримæ. Ныхас кодтой, Валяйы низы .ахаст куыд у, ууыл, сдзæбæх уыдзæн рынчыдоны æви дæргъвæтин ахæсдзæнис йæ низ. Æмæ сын уæд профессор комкоммæ загъта: — Ахуыргонд адæм стут, хъуыддæгтæ куыд вæййынц, уый зонут. Æ<мæ уып æргом куы зæгъон, уæд уæ рынчын сфæлмæцыдис рынчындонæй æмæ йын хостæ дæр уыйбæрц иал æххуыс кæиынц, æндæр абоны онг цы хуыздæр хостæ ис, мах æм цы параличы хуыз равзæрстам, уымæн, уыдон ын фæкодтам, фæлæ тынг æрæгмæ сæфы йæ низ æмæ йын дарддæр рынчындоны ьхуыссын йæ псих,пкæйæн цас уæззау у, уып уæхæдæг бамбардзыстут. — Æргомдæр зæгъ, аласæм <ей мæхимæ æви нæ?— загъта Гæбæти. — Уæхимæ нæ, фæлæ нæхимæ, афтæ мын бафæдзæхста мæ мад Буцинæ, ардæм куы цыдтæн, уæд, — загъта Дзибус æмæ хатыр ракуырдта. — Буцинæйы фæндон, æвæпцæгæн, растдæр уыдзæн, — загъта профессор. — Рынчынæн хъæуы уæлдæф æмæ æнцаддзпнад æмæ йыи хъæуы бирæ пайда210
дæр у, горæты фæздæгджын, рыгджын уæлдæфæй æмæ æппынæдзухы тæлфтæй, æмæ мæнмæ куы байхъусиккат, уæд æй хъæумæ аласиккат. — Диссаг мæм кæсы, — загъта хъуыды кæнгæйæ Гæбæти, — цы институттæ мын загътай, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр ныффыстон æмæ дзуапп нæй. — Дзуапп куы райсай, уый размæ хъæуы куы ацæра, уæд ын уый пайда цы уа, æндæр ын зиан ницы æрхæсдзæн. Дзуаппы тыххæй та афтæ бакæнин æз: чи зоны, институты бынæттæ нæ фаг кæны æмæ дын уый тыххæй нæ дæттынц дзуапп хицæнæй, ахæм хицæн писмотæ сæм, æвæццæгæн, бирæ ис, фæлæ сæ æнæнизады министр куы бафæрсид, уæд уымæн бæлвырд дзуапп раттиккой... Ууыл ахицæн сæ ныхас профессоримæ æмæ Валяйы раластой хъæумæ, Буцинæмæ. Диссаджы æхсызгон уыд Валяйæн, уыйбæрц рæстæг рынчындоны фæуыны фæстæ зонгæ бынæтты уынд. Уæдмæ бæзджын, æрттиваг урс-уроид митæй æхгæд уыдысты хæдзæртты сæртæ æмæ зæхх æмæ аргъауы хуызæн рæсугъд кастысты Валямæ. Куыддæр æм ногау фæкастис йæ хæдзар дæр. Æнгом, рæсугъд быд, хъæмпæй æмбæрзт кау лæууы фыццагау сисы хуызæн фидарæй. Даргъ сара дæр лæууы йæ бынаты æмæ ма дзы сугдон дæр ис фыццагау йæ кæронмæ æввахс. Сарайы кæрон æппæты дæллаг цæсты цы хъомдон скодта Дзибус, æмæ Буцинæ Валяимæ бур æлыгæй хорз кæй байсæрстой, ног чындзы уатау кæй срæсугъдтæ æмæ хъæрмттæ кодтой, уыцы хъомдон дæр йæ хуыз ницæмæй аивта. Зымæгон куыд вæййы, афтæ æдзæрæлхуыз, уазалæй лæууыдысты сæрдыгон хæрипаггæнæн пец æмæ дæлтъур. Куыд уыдис, афтæ ма йæ бынаты лæууыдис Буцинæйы тымбыл быд æмæ чъырæй цагъд кæркдон дæр, æмæ йæ алыварс кæрчытæ уазалæй ньгккукатæ сты. Уыдон иууылдæр уыдысты, куы фæрынчын, уæд сæ куыд ныууагъта, афтæ. Фæлæ рынчындонæй куы æрыздæхт Валя, уæд æм иууылдæр ноджы хуызæн кастысты. Суанг ма Буцинæ йæхæдæг дæр йæ хуыз аивта, фæногдæр, йæ сæрыхъуынты халас дæр цыма фæкъаддæр,цы хъæлдзæг уыдис, уымæй бирæ фæхъæлдзæгдæр, афтæ 211
йæм каст ныр хъæумæ æрцæугæйæ, афтæмæй йæм-иу Буцинæ’ рынчындонмæ бæрæггæнæг дæр арæх суадис. Æппæт уыдæттæй фыццаг бонты йæ зæрдæ барухс ис Валяйæн, йæ низ дæр дзы-иу айрох. Фæлæ адаргъ сты зымæгон цъæх бонтæ. Буцинæйы бирæ куыстытыл ма бафтыдысты Валямæ зилыны куыстытæ дæр, æмæ уый йæ низæй тынгдæр тыхсын кодта Валяйы. Бæргæ йын-иу истæмæйты æхдуыс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Буцинæ ницæмæ æвналын уагъта æмæ йын хъазгæйæ дзырдта: — Дæ разы уал дæ сдзæбæх кæнæм, æндæр дын хæдзар де ’ккойы бавæрдзынæн. Æмбæрста Валя æппæт зилæнтæ дæр Буцинæ зæрдæйæ кæй кæны æмæ кæй нæ зоны тыхсын дæр, фæллад дæр. Фæлæ уæддæр Валяйы зæрдæ æнцой нæ зоны — цы нæ ацардис хæдзары, хорз дзы цы нæ бакодта, уыйбæрц сын йæхæдæг фæцис даринаг. Æ>мæ нæй... Искæйы хæлар зæрдæйæ уыйбæрц пайдагæнæн нæй. Æмæ цы бакæна, ууыл хъуыды кæнын райдыдта. Æрцыдис иу хъуыдымæ æмæ, æвæццæгæн, уымæй хуыздæр хъуыды ссарæн ын нæй. Иу изæр, Дзибуоимæ ныхас кæныныл куы фесты, уæд æй бафарста Валя: — Фьщцагау ма мæ бирæ уарзыс? — Уыцы хъуыды та дæ сæрмæ кæцæй æрцыдис? — Нæ, куыд мæ уарзтай, афтæ ма мæ уарзыс, æви нæ? — Кæд мæ æцæг фæрсыс, уæд дын æцæг зæгъын — фыццаг дæ цас уарзтон, уымæй дæ ныртæккæ фылдæр уарзын. — Уæдæ дын цы зæгъин, уып бакæнис мæн тыххæй? — Мæ къухы цы фадæттæ ис, уыдонæй йын кæд бакæнæн уа, уæд æй кæй бакæндзынæн, ууыл та цæмæн дызæрдыг кæныс? — Уæдæ дæ æрмæст иунæг хъуыддаг агурын æмæ йæ бакæн, — æмæ комкоммæ ныккастис Дзибусы цæстытæм. Ахæм цæсгом никуы зыдта Дзибус Валяйæн, бæрæг уыд окæуынмæ кæй хъавы, уый, æмæ уæд, йæ ф^арсмæ йæ сынтæджы абадтис æмæ нæ æрбахъæбыс кодта: 212
— Цы кодтай, Валя, цæмæй афтæ тыхсыс? Валя йæ тыхстæй фæсабыр, фæлæ ма Дзибусмæ комком-мæ каст. — Раздæр мын ныхас ратт, цы дæ курон, уый мын кæй бакæндзынæ, уымæй. — Цæмæн афтæ тынг фæдзæхсыс ацы хатт дæхи, Валя, кæд цы загътай хорзæй æмæ дын <цы нæ бакодтон, ахæмæй куы ницы баззад, уæд? — Уæдæ дæ иунæг хъуыддаг курын: уыныс мæ, цы уавæры дæн, уый, мæ фидæн истæмæй фæхуыздæр уыдзæн, уый бæрæг дæр нæй. Æмæ кæдмæ цæрдзынæ афтæ ды? Фæлтау ног бинонты кой бакæн æмæ уæд Буцинæйæн дæр фенцондæр уыдзæн æмæ мæнæн дæр. — Цы хъуыдытæ дæм æрцыдис уый, Валя? — Хъуыддæгтæ куыд сты, афтæмæй æнæ бакæнгæ кæмæн нæй, ахæм у уьгй. Æз ыл бирæ, тынг бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æрмæст ахæм уынаффæмæ æрцыдтæн. — Æмæ афтæ куы бакæнин æмæ нæм чи æрцæуа, уый иу налат куы разына æмæ уын уæ цард куы сæнад кæна, дæуæн дæр æмæ Буцинæйæн дæр, уымæй тынг тас кæй у, ууыл дæр ахъуыды кодтай? — Æз æлпæтыл дæр ахъуыды кодтон æмæ нын нæ цард чи нæ сæнад кæндзæн, бирæ нæ чи уарздзæн, ахæм адæймаг дæр ссардтон. — Чи дын у, зæгъ-ма йæ? — бафарста дисгæпгæйæ Дзибус. — Зæлинæ... Дзибус топпыдзæфау йæ бынатæй агæпп кодтаæмæ цыма йæхицæй исты æддæмæ суры, йæ къухтæ афтæ тилгæйæ загъта: — Дæ зонд фæцьгдис æви цытæ дзурыс, Валя! Зæлинæ нын хойæ уæлдай куы нæ у, нæхи бинонтыл æй куы нымайæм... — Æмæ мæм афтæ хæстæг кæй у, йæ хорздзинад дæр уый у, уымæн æй равзæрстон æз дæр. Дис мыл ма кæн, фæлæ мæ æмбаргæ бакæн. Чызгæй Зæлинæйæ хуыздæр чызг не ’ссардзынæ иу хъуыддаджы дæр. — Афтæ бакæнæм, Валя: абонæй фæстæмæ уыцы ныхас не ’хсæн куыд нал æрцæуа, афтæ. Цыма мыл цъыф бакалдтай, раст мæхимæ афтæ фæкастæн. 213
Валяйæн йæ цæстытыл уымæл фæзындис, скæуынмæ йæ бирæ нал хъуыдис. Дзибус та йæ фарсмæ сынтæгыл сбадтис, йæ сæр ын йæ хъæбысы æрбакодта, æрмæст Дзибус куыд зыдта Валямæ гæсгæ, афтæ фæлмæн, уарзæгой каст ын ныккодта йæ цæстытæм æмæ бафарста: — Цы кæныс? Цæмæй тыхсыс, Валя? Тыхсын дын хорз куы нæ хонынц. — Хъыг мын у, Дзибус, мæ зæрдиаг хъуыды мын раст ’кæй нæ бамбæрстай, уый. Мæхи цард дæр æмæ сымах цард дæр фенцондæр кæнынæп æрмæст уыцы иунæг хъуыды ссардтон. — Уыцы ныхасмæ мауал раздæхæм. — Мæ низ цыхуызæн у, уый æз æмæ ды æнææмбаргæ не ’стæм, уыйбæрц ахуыр нæм ис, кæд медицинæ нæ ахуыр кодтам, уæддæр. Æмæ куы дзæбæх кæна, уæддæр дæргъвæтин хæсдзæи æ-мæ дæуæн та афтæмæй цæрæн нæй,-тæригъæд у зæронд ус дæр... — Махыл мæт дæр ма кæн æмæ нын тæригъæд дæр ма кæн. Ныртæккæ уал нæм дæуæй мæтагдæр ничи ис, куы зæгъын æз. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ фæцыд телефоны дзæнгæрæджы хъæр. — Бахатыр кæн иучысыл, — загъта Дзибус æмæ ауади телефонмæ. — Кæд?.. Куыд?.. Æмæ сын тас у зæгъынц? — зæгъгæ, телефонæй ахæм тарст фæрстытæ кæй кодта Дзибус, уымæй дæр Валя бамбæрста, йæ куысты цыдæр æвзæр хабар кæй æрцыд, уый. — Цы хабар у? Дæ хуыз куы фæцыд, — бафарста йæ Валя. — Ацы зымæгæй æнамонддæр зымæг никуы скодта. Цыма йæ бын фегом, афтæ калы æмæ калы мит дæлæмæ... Сæдæгай азтæ кæуыл цæуы, уыцы зæронд лæгтæй дæр йæ зæрдыл никæ’мæн лæууы, искуы ма ахæм митджын зымæг окодта, зæгъгæ. — Æмæ ма дын митæй тæссаг кæмæн у, ахæмæй исты баззад æддæ? — Нæ хор, нæ хос, картоф æмæ дыргътæ æнæзиантæй бæргæ бафснайдтам, кæд сæ мит иучысыл æрæййæфта, уæддæр æмæ цыма нæ мæттæй æмæ нæ бæллæх214
тæй фервæзтыстæм, афтæ нæм фæкаст. Ныр, зæгъы, зымæгон хизæнты зæлты мит калы æнæбанцайгæйæ æмæ фосы йæ быны кæны, сæфынц. — Æмæ зымæгон хизæнты ахæм мит уараг куы нæ у, стæй тагъд куы атайы. — Уæдæ мæнæн дæр »мæ дис æмæ .маст цы у? Искуыма ахæм ран уыйбæрц мит æруарыдис! — Æмæ дæм чи дзырдта? Цы кæнын дæ хъæуы? — Дзургæ Хасмел æрбакодта. Уьгдон райсом боныцъæхтыл цæуынц æмæ мæн дæр сæ фæдыл цæуын хъæуы, æндæр цы гæнæн ис. — Æмæ дзы кæд афтæ арф æруарыдис >мит, уæдæм цæуыл ныххæццæ уыдзыстут? — Акса-ма! Æз ууыл хъуыды дæр нæ акодтон. Цыфæнды уа, уæюдæр, æвæццæпæн, рог машинæтæй иу дæр нæ ныххæццæ уыдзæн, — зæхмæ кæсгæйæ цæуылдæр ахъуыды кодта Дзибус. — Уæззаудæр нæм цы машинæ ис, ууыл цæуын бахъæудзæн. — Цыфæнды машипæйыл цæуай, уæддæр æй Дæгкайæ ракур æмæ шофырæн Данелы акæн, уый машинæтæй цыфæнды уавæры дæр портийау хъазы æмæ кæмдæриддæр сарæхсдзæн. — Уььмæй дæр тынг раст зæгъыс. Диссаджы æхсызгон уыдис Валяйæн йæхицæн, уæддæр ма йæ .мойæн ахæм хуымæтæджы фæндтæй баххуыс кæнын йæ бон кæй у, уый æмæ дарддæр хъуыды кодта, цы ма йæ бахъæудзæн Дзибусы йæ балцы, ууыл. — Сæхимæ нæ фиййæуттæн хорз фосы дохтыр ис. Иван Андреевич тыхджын дохтырыл нымад у районы нæ, фæлæ республикæйы дæр. Фæлæ ахæм æвзæр уавæры кæд бахаудтой, уæд адæймаг басийын дæр зоны, уазалæй фæсахъат уæвын дæр. Уым та нæ фиййæуттæм медпункт дард у, стæй дзы ахæм фæдисы рæстæг дохтыртæ дæр кæм фаг кæндзæнис. Æмæ демæ нæхи дохтыртæи искæйы алас. — Раст у уый дæр. Зæлинæимæ баныхас кæндзынæн æмæ мын ратдзæн дохтыр... Цæвиттон, ды æнкъард æмæ тыхсгæ ма кæн. Æз та цæуын æмæ мæхй фæндагмæ бацæттæ кæнон. Адæм дæр фылдæр айсын хъæуы. Хасмел куыд зæгъы, афтæмæй, кæд æцæг миты бын ’кæнынц, уæд фосæн сæ лæмæгъдæрты æргæвдын 215
хъæудзæн æмæ дзы адæм фылдæр куы уа, уæд ницы бахъыгдардзысты. Уайтагъд дуары æдде фæци Дзибус, æрзылдис адæмыл æмæ йæхи цæттæ кодта йæ балцмæ. Бабæрæг кодта Дæгкайы — уыимæ баныхас кæнын хъуыд Данелы тыххæй, уæддæр зымæг у æмæ йын хъуамæ уыйбæрц куыст ма уа. — Ныртæккæ машинæтæ уалдзæпмæ цæттæ кæнынæн йæ тæккæ рæстæг у, бæргæ, — загъта Дæпса. — Фæлæ ахæм фæдисы хъуыддаджы кæм бахъуыд, уым æй акæнут. Ахæм фæндагмæ йæ кæй равзæрстай, уымæй хорз бакодтай. Фæлæ кæд бирæйæ цæут, уæд мах стыр машинæ куы акæнижат, уæд мæм уьгй растдæр кæсы. — Уый тыххæй та стыр бузныг. Фæлæ мæм дæумæ та ахæм курдиат ис, — баздæхти Зæлинæмæ, — ахæм уавæрты нæ адæм цыхуызы сты, уый нæ зонæм æмæ нын дохтыр- куы раттис немæ, уæд æй алаоиккам, йæ сæр, миййаг, куы бахъæуа. — Нæ районы æнæниздзинады хайады хицау нын афтæтæ кæнын нæ фæуадзы, сымах, дам, районы рынчындон стут æ,мæ районы хъуыддæгтæ уæ рынчындонæн йæхимидæг кæнут. — Ау æмæ ахæм фæдисы сахат дæр исты зæгъдзæн? — Чи йын цы зоны? Фæлæ куыд ницы зæгьа, уый тыххæй йæ бафæрсдзыстæм. Æз, иу-фондз боны куыд ницы хъуаг суа, афтæ сцæттæ кæндзынæн рынчындон æмæ мæхæдæг ацæудзынæн уемæ. Хирургтæ нæм фаг ис. — Уый та ноджы хуыздæр... Фæлæ уæ районы хицау хорз не ’мбары, мæнмæ гæсгæ, рынчындоны хæстæ дæр æмæ йæхи хæстæ дæр. — Цæй, уый ныууадзæм æмæ æз цæуон, мæхи бацæттæ кæнон. Уынджы иучысыл ацыдысты, стæй Зæлинæ йæ рынчындонырдæм аздæхтис, Дзибус та дарддæр ацыдис, йемæ кæй кæнынмæ хъавыд, уыдонæн фехъусын кæнынмæ... Рынчындонмæ цæугæйæ Зæлинæ ахъуыды кодта Алтегыл. Цыхуызæн у цымæ йæ фиййауы бынаты? 216
Хæрзаг бынтон æндæрхуызон фæни. Фæлæ цыхуызæн? Уыдта, æмбæрста Зæлинæ, Алтег раст фæндагыл кæй нæ ацыд йæ царды... Архайдта, йæхицæн æй сæнад кæныныл, уæддæр йемæ адджынæй фæцæрæн нæ уыдзæн, афтæ хæлд фæндагыл куы цæуа, уæд, фæлæ йын æнад кæнын нæ комы. Афтæ у зæрдæ — арф бынат дзы цы сурæт бацахсы, уый дзы ратæрын нæ комы. Уæдмæ Дзибус кæй кæнынмæ хъавыдис, уыцы адæмыл азылдис. Иууылдæр тарст уыдысты сæ фосы тасæй æмæ «нагъ» зæгъыны бæсты уыцы æхсæвыгон дæр ацæуыныл разы уыдысты. 2 Фиййæутты фæдис та афтæ райдыдта. Фæлмæн у зымæгон хизæнты боныхъæд. Дымгæ дзы арæх кæны, фæлæ мит куы рауары иучысыл, уæддæр дыууæ-æртæ бонмæ атайы æмæ та уымæл хизæнтæм фос аскъæрынц æмæ мерс кæнынц. Фæлæ зымæгон цыфæнды дзæбæх бон уа, уæддæр цæмæй хорз у фиййауæн, бон-изæрмæ йыл уазал дымгæ куы кæна, уæд? Уæлдзарм худ, бæзджын нымæт, бæмбæджджынтæ æмæ хъарм фæсалæй дзаг æрчъиаг дзабыртæ хорз хизынц фиййауы уазалæй. Фæлæ дымгæ, дымгæ! Бон-изæрмæ куы хойа адæймаджы, уæд уым хорзæй цы ис? Фæлæ дис кæны Алтег. Æнæхъæн зымæджы дæргъы •йæм дымгæ ахæм уазал æмæ налат фæкастис фыццаг хатт. Æмæ сыхаг фиййæутты дæр афарстаид, фæлæ йæхи фæурæдта, искæй-иу фæрсгæйæ фиййæуттæй, уæд ын-иу афтæ дзырдтой: «Багъæц уал. Нырма ног дæ, фæлæ немæ ацæрдзынæ æмæ æппæтыл дæр сахуыр уыдзынæ». Цыма дзы Мысыры, кæнæ Хъарсы фадæрттæ исын хъæуы, афтæ. Цы зонын хъæуы фиййауы куысты, фосы хизгæ ауадз æмæ дæ чъылдым дымгæмæ сараз æндæр. Раст зæгъын хъæуы, сæ фосы дохтыр цы домæнтæ æвæры фиййауы размæ, уымæ гæсгæ дзы Мысыры фидæрттæй фидардæртæ басæттын хъæуы. Иванов Иван Андреевич куыста фосы дохтырæй ра217
гæй дæр æмæ уыдпс æппæт адæмæн дæр уарзон, фæлмæнзæрдæ, æнæхин адæймаг. Афтæ никæмæн загътаид, зæгъгæ, æз колхозы кусын, фос та уæхи у æмæ уый дзæбæх кæнын мæ куыст нæу. Иу рæстæджы йæхæдæг фехъуыста ахæм ныхас иу æндæр дохтырæй æмæ йын бауайдзæф кодта, зæгъгæ, колхозонты фосæн хицæн дохтыртæ нæ цæттæ кæпынц, æмæ сын хицæн дохтыр нал æрæрвитдзысты, фæкæсын сæм хъæуы, гормон, кæннод æгомыг фос тæригъæд сты. Уый тыххæй йæ уарзтой хъæуы адæм æмхуызон бирæ. Фæлæ йæ уыцы уарзондзинад иу рæстæг сафгæ дæр фæцæйкодта. Иуы дæр, иннæйы дæр фæндыдис Иван Андреевнчæн дзæбæх ныхас зæгъын æмæ йæ рахон-бахон кæныныл фесты. Уый дæр æфсæрмæй «нагъ» зæгъын нæ фæрæзта æмæ нозты фæдыл фæцæйцыд. Фæлæ тыхджын æмæ зондджын лæг у Иван Аидреевич. Уый тагъддæр бамбæрста, ахæм фæндагыл цæугæйæ цæмæ æрцæудзæн, уый æмæ йæхи æрурæдта. Чидæр йæ сывæллоны æгæр уарзон хъæбысæй куыд амардта, ахæм хъуыддаг йæхиуыл не ’руагъта. Министрадмæ йæ куы акодтой, уæд адæм тынг фæхъыгкодтой. Фæлæсæбирæ хъыг кæнын нæ бауагъта— фæстæмæ сæм æрьгздæхт. «Мæп, зæгъы, цифрæтæ нæ хъæуынц, уыдон хуымæтæджы хынцджыты бар уадзут, æз та дохтыр дæн æмæ хъуамæ рынчынты раз уон, кæд фос сты, уæддæр рисс æмбарынц æмæ сын æххуыс кæнын хъæуы»... Ныртæккæ семæ ис уæтæрты, «скъола» сын сарæзта Даутимæ æмæ сæ цæттæ кæны институтмæ, дохтырдзинадыл ахуыр кæнынмæ. Уымæй сæ йæхицæн æххуысгæнджытæ окодта, ам уал, зæгъы, акæнут фæллойы рагагъоммæйы практикæ. Æмæ Иван Андреевич ды агуры фиййауæй, уый дзы куы агуырдæуа, уæд дзы фосы хизынмæ аскъæрын æмæ фæсонтæ дьгмгæмæ саразынæй дарддæр цыдæртæ хъæуы. Хъуамæ, зæгъы, фидæны иу фиййаумæ дæр мауал уа астæуыккаг ахуырæй къаддæр. Алтег уыдæттыл арæх хъуыды кодта, фæлæ дзы цынæ æмбæрста, ахæмæй цыдæр уыд... Алтег хорз^ æмбары, абон иннæ бонты хуызæн нæу, уазалдæр у. йæ дымгæ къуыззитт кæны. Стæй поджы 218
мигътæ уыцы сау хуызæй сæхгæдтой арв æмæ йын цыма здыйæ цъар ис æмæ уый уæзæй æрхаудзæн зæххыл, афтæ зыны. Уæдмæ йæм сындæггай æрбацыд сыхаг колхозы фиййæуттæй иу ацæргæ лæг Додан, зæгъгæ. Æххæст æм нæма æрбахæццæ, афтæ æрлæууыд Додан, мæсты тъæпп æркодта йæ къух йæ агъды фарсыл æмæ загъта: — Пуй налат! — Цæуыл мæсты дæ, Додан? Кæй хоныс налат?— сабырæй бафарста Алтег. — Тамако нæ дымыс, уый мæ ферох æмæ ма дæм æз та тамако курæг фæцыдтæн. «Налат» та дæхимæ-ма бамбар, афтæ тамакойæ загътон. Налат куы нæ уаид, уæд мæн хуызæн зæронд лæджы ардæм æрбацæуын кодтаид. Ныууадзын хъæуы ацы хæйрæджыты хойраджы, æндæр дзыппытæн — фаджыс, /æхцайæн — рæмпæг, буарæи — низ йедтæмæ ницы у. — Тæрсгæ ма кæн, Додан, æнæ тамакойæ дæ нæ ныууадздзыстæм. Дæу амондæн абон рæдыдæй кæйдæр бæмбæджджын скодтон æмæ ’йæ дзьшпы тамако разындис. — Цæй амонд у, мæ хур, Алтег, лæг æ.м йæхи куы ныууромид, уæд, — фæхъæлдзæгдæр Додан. — Фæлæ йæ ды æцæг афтæ ныууагътай, æмæ бон-изæрмæ дæ дзыппы цы тамако уыдис, уымæ нæ бабæллыдтæ? — Нæ бабæллыдтæн, Додан. Мæхи ма йæм цыбæл дæр кодтон, фæлæ йæ зæрдæ йæхимæ нæ бауагъта, цы æвзæрдзинæдтæ дзы мысы, уыдоны фæстæ, — æмæ йæм тамакодон балæвæрдта. — Гъе Хетæджы Уастырджи, уымæй ма амондджындæр хъуыддаг цы ис! Фæлæ нæ комы. Цы бæллæх у, хуыцау æй зоны. Æз ма гыццыл лæппу уыдтæн, афтæ нæ хъæуы ,иу дæсны тамакодымджыты дзæбæх кодта. Цытæ йын дзы уадис, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ кæй дзæбæх кодта, уыдонæй йын Касалаты Бесæ бауайдзæф кодта, дæхицæй куы æппæлыс, уæд ,мæ тамакоиæн исты цæуыннæ схос кæныс? — уыцы ныхас мæхи раз рауадис. Уый йын афтæ — æз, дам, тамакойæн фæттæй йæ хæйрæджыты марын æмæ куы фæмард вæййынц, уæд тамако лæджы йæхæдæг ныууадзы. Æмæ дæ хæйрæг тынг зын марæн у. 219
Куыд бæзджын худтгæнаг уыдис Алтег, афтæ ныххудтис. — Р1æ тæккæ уидагмæ йын ныхъхъавыдис, нæ? Бахудтис Додан дæр. Ссыгъта йæ тамако æмæ йæ сдымдта, стæй та мпдбылты бахудт æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уидаг у æви къалиу, уымæн ницы зонын, фæлæ хæйрæджыты хойраг кæй у, уый бæлвырд у. Ацал-ауал азы кусын ацы быдырты фиййауæй, фæлæ дзы ахæм рæстæг скæнгæ никуы федтон. Ахæм дымгæ кæны, афтæ ныттар бæстæ æмæ дзы зæрдæ мæгуыр кæны. — Ау, фыццаг хатт дзы куыд скодтаид ахæм дуг? — Фыццаг хатт дзы, æвæццæгæн, не ’окодта, фæлæ æз ам иу стдæс азы кусын æмæ дзы уыцы рæстæг никуы скодта ахæм боныхъæд. Скъæрын хъæуы уæтæртæм. Нзæрмæ æввахсдæр у, стæй ацы дымгæйы æмæ уазалы цы бахæрой фос, уымæй сыл цы бахæцдзæн? Фæлтау сæм ацы фыд-заман фæкæсын хъæуы кæвдæсæй. Уыцы рæстæджы сæм дардæй æхситт фæцыд. Фæкастысты. Чидæр сæм йæ къух тылдта «раскъæрут, раскъæрут», зæ^гъгæ. — Хорз ыл æрцæуæд, цыма мын ^мæ ныхæстæ фехъуыста, афтæ дæм рарвыста. Дæсны фосгуыстгæнæг у Ботас. Фæлæ махонтæ дæр æгуыдзæгдæр не сты, уæд куыд ницы фæхъуыды кæнынц, — æмæ нырма ныр бадаргъ кодта Алтегодæ тамакодон. — Демæ дæр дзы айс, куы ма фæстиат кæнай. — Кæд уыйбæрц рæдау дæ, уæд... — Искæйы тамакойыл хъуамæ чъынды цæмæн уон, — бахудтис Алтег. — Цæй, æмæ дзы уыйбæрц дæр не ’сисдзынæн. — Сис, сис! Мах тамакодымджытæм бирæ æвæрæнтæ ис. — Æвæрæнтæ дзы махмæ дæр бæргæ ис, ма дзы байрадæуа. Хæсгæ дæр райсомы мемæ, алы хатт дæр цас рахæссын, уыйбæрц ракодтон, фæлæ уазалы тыхстæй адым-адым кодтон, цььма мæ хъарм скодтаид, æмæ мын æгæр раджы фæцис, — афтæ ныхасгæнгæйæ, сындæггай систа тамакойы тæпп. 220
Куы раокъæрдта йæ фос Алтег, уæд йæ алывæрстæм акаст æмæ федта, иннæ фиййæуттæ дæр сæ фос сæ уæтæртæм кæй аздæхтой, уый. Æмæ ныр йæхимæ дæр ■бафиппайдта, иннæ фиййæуттæм цы хицæнхуызон сæрыстырдзинад фиппайдта, уый. Æрмæст сæрыстыр йæхицæй нæ уыди, сæрыстыр уыдис сæ хистæр фиййау Ботаоæй: суанг фæззæгæй фæстæмæ дæр куыд фиппайдта, афтæмæй Ботас цыма иннæ уæтæртæн дæр æнæ равзаргæ, æнæ мызд фидгæ хицау уыдис, афтæ зындис, æмæ уымæй. Æмæ йæ чи базондзæн, уæтæрмæ куы фæцæуы Алтег, уæд йæ зæрдæ, цыма йæ фыды хæдзармæ цæуы, афтæ хъæлдзæг цæмæн вæййы, цæмæн фенхъæлмæ кæсы æппынфæстаг уæд та фыды рæвдауæн ныхасмæ? Мад куы уаид ам, уæд... Уæд афтæ нал батырнид хæдзармæ. Мад æвзæр нæу æмæ уый тыххæй нæ, фæлæ Алтег йæхæдæг æвзæр кæй разынд, дунейыл цы не ’рцыд, ахæм ми кæй бакодта, уый тыххæй... Цæуыннæ амард, мады уыцы цæф куы нымкодта, уый размæ, кæд æй æцæг уый ныццавта, уæд? Ау, цымæ уыцы фæсмон никуыуал ссæудзæн Алтеджы зæрдæйæ? Æмæ уæд цæмæй сраст кæна йæ рæдыд? йæ цард раттид, мадæн ма чысыл йæ зæрдæйæн æхсызгон чи уаид, ахæм хъуыддагыл. Иу бон, изæрæй хæрз цыбыр гоисмо ныффыста йæ мад Дофкамæ. Цы бирæ хъуыдытæ йæм уыдис, уыдонæй рауадис æрмæст мæнæ ахæм лæмаргæ ныхæстæ: «Дæ бон хорз, Дофка, фыссын дæм ацы дыууæ ныхасы. Мæхæдæг дæн дзæбæх, æнæниз. Ацы цард раздæр дæр кæнын куы райдыдтаин, уæд, æвæццæгæп, мæхи не ’руагътаин, цæмæ æрцыдтæн, уымæ. Фæлæ ныр кæд слæууин мæ къæхтыл. Мæнæ нæ Иванов институтмæ цæттæ кæны æмæ ма кæд дзыллæйы æхсæнæй мæ сæр дæр разынид. Ныр та уал хорз байрай. Уазæлттæ нæм у, фæлæ мæнмæ хъаргæ дæр нæ кæнынц. Алтег». Уыцы писмойæн æм мад ныффыста дæргъæй-дæргъ■мæ пйсмо æмæ дзы иу хъуыды кæрæдзиуыл здыхстис: афтæ ма фæсмон кæн, дæ фæхъхъау фæуон, кæннод 221
уый мæт у, мæт адæймагыл низ æфтауы, æмæ мын мæ хæдзар фехалдзынæ. Кус, ахуыр кæн æмæ истæмæйты ирхæфс дæхи, кæд дæ рох кæнид дæ зæрдæйы маст. Писмойы уыдис Зæлинæйы кой дæр, федтон, дам, æй, йæ куыстæй æрбацæйцыд. Цымæ цæмæн фыссы сæрмагонд Зæлинæйы тыххæй, æндæр куы никæйы кой окодта, нанайы амард æмæ Дæгкайы ускуырдæй уæлдай, уæд? Чи зоны æмæ ма йæ зæрдæ дары, йæ чындз уыдзæн, зæгъгæ, ууыл. Мæгуыр мад!.. Уынгæ дæр нæ кæны, йæ фырт Зæлинæйæ афæдз хистæр у, афтæмæй дзы фæсте кæй баззад æмæ чызг размæ цæйбæрц афардæг, уый. Хæлардзинад ма куы баззаид се ’хсæн, æндæр бæргæ ницуал хъæуы Алтеджы. Фæлæ ма хæларæй дæр баззайа, ууыл дызæрдыг кæны. Иунæг хатт æм кæй фыста, уыцы писмойы дзы куырдта хатыр, кæд йæ разы истæмæй фæрæдыд, уымæй æмæ йæм мыггагмæ æфсымæры цæстæй кæй кæсдзæн. «Æз æнæуи мæ зæрдæйы уаг иваг нæ дæн æмæ дæм дарын, цы зæрдæ дæм дардтон, ахæм», — фыста йæ цыбыр писмойы Зæлинæ æмæ ма базон, цы зæрдæ йæм дардта, уый. Райдианы сæ кæрæдзи тынг бирæ уарзтой, Алтег йæхæдæг куыд æмбæрста æмæ зыдта, афтæмæй, кæд бæлвырд ныхас никуы загътой кæрæдзийæн, уæддæр. Æмæ йын ахæм зæрдæ куы баззаид, уæд уый... нæ, уый æгæр амонд уаад æмæ йыл хъуыды кæнын дæр нæ хъæуы. Зымæгон хизæнтæм куы окъæрдтой, уæд ма йыл фембæлд... Фæлæ йæм цавæр цæстæй кастис? Алтегæй йæхæдæг куыд бамбæрста, афтæмæй йын тæригъæд кодта, тынг тæригъæд, цы дзы рауаинаг уыд, уый дзы кæй нæ рауад, цы бирæ рæсугъд фæндæгтæ йын уыдис цардмæ, уыдоныл кæй нæ ацыд, фæлæ адæм сæфгæ кæм ’кæнынц, уыцы фæндагыл кæй ацыд, уый тыххæй. Æмæ уый та хæрамдзинадæй дæр зындæр уыромæн у Алтегæн. Нæмгæ дæр æй фæкæн, маргæ дæр æй акæн, уæддæр æм тæригъæддаджы цæстæй ма кæс. йæ сидзæрæй йын-иу кæй тæригъæд кодтой, уый йын æй сæнад кодта, ныр куы слæг, уæд æй нал хъæуы, лæг фæрæдийы æмæ уæд бафхæрыны, фæнæмыны, æмæ 222
суанг, чи зоны, æмæ амарыны аккаг дæр у, фæлæ тæригъæддаг?.. Уый лæджы аккаг нæу. Афтæ хъуыдытæгæнгæ цыдис йæ фосы дзуджы фæс* тæ Алтег. Æмæ уæдæ кусгæ дæр цы кæна фиййау, йæ фос æнцад куы хизой, уæд. Сæрд ма æнцондæр у фиййауæн: чиныджы кæс æмæ кæс, кæннод зар... Даутæн та ноджы æнцондæр у — уый цæгъды хъис-фæндырæй дæр æмæ дала-фæндырæй дæр æмæ сын йæхæдæг фæхъырны, æмæ, æвæццæгæн, йæ дзуг дæр сабыр у. Алтегмæ цы дзуг фидаргонд ис, уый дæр æнцад хизы. Фысты сæгътæ æрра кæныпц, æмæ дзуджы сæгътæ сабыр сты. Уымæн æмæ сабыр у сæ раздзæуæг бодз. Æгас дзуджы сæрты .митау урсæй дардмæ дæр зыны. Пæ сыкъатæ кæрæдзиуыл дыууæ здыхты акодтой æмæ арвмæ фæцыдысты. Сабыр, зондджын фыдау у дзугæн æмæ йæм фос дæр хорз хъуыстой. Рагæй бафиппайдта Алтег уый дæр, æмæ фиййау уæтæрырдæм куы фескъæры йе ’фсæст фосы дзуг, уæд йæ зæрдæ хъæлдзæг вæййы æмæ йæм хуыздæр хъуыдытæ æвзæрынц. Фæлæ мæнæ ахæм боны адæймагмæ цавæр рухс хъуыдытæ равзæра хъуамæ, уæлæ арвыл чи æруæз кодта, уыцы мигъты раз куыд бахъарм уой хъуыдытæ, ахæм уазал дымгæ куы кæна адæймагыл, уæд? Ахæм бон лæгдонмæ баирвæзынæй хуыздæр цы ис? Хъарм, хойраджы æмæ цæхджын цыхтыты тæф. Уæдæ ма фиййауы сихор_ дæр æмæ æхсæвæр дæр сой хъуаг æмæ æхсыр хъуаг кæм уыдзысты, сæ хицау Ботасы хуызæн рæдау куы нæ уа, уæддæр? Æмæ фиййæутты хæдзар, зæгъгæ, уæд-иу Алтег афтæ хъуыды кодта, зæгъгæ, фиййæуттæ талынджы ныххуыссынц æмæ талынджы рабадынц. Фæлæ сæ лæгдоны ахæм стыр æртæ цырагъы судзы æмæ электрон цырæгътæй дæр тынгдæр рухс кæнынц. Чи зоны, иокуы фосхизæнты лæгдæттæм æмæ уæтæртæм дæр бацæудзысты электрон цырæгътæ, фæлæ ныр куыд сты, афтæмæй дæр уал сын ницы у, изæрты Иван Адреевичимæ ахуыр кæнынæн дæр тынг хорз сты. Æрбазындис æм дардæй сæ лæгдон. йæ фæздæг раст цыма зæххы бынæй цæуы, афтæ зыны æмæ йæ дымгæ цьша фæстæмæ зæххы ныттæрынмæ хъавы, аф223
тæ йæ скъæфы æмæ йæ æлхъивы зæхмæ. Лæгдон хоны йæ хъарммæ Алтеджы. 3 Уырдыджы сæвæрдта сæ уæтæр Ботас. Афтæ хуыздæр у. Иуæй зæххы бынтон бынмæ нæ ацыдис æмæ йæ зæхх уымæл нæу лæгдон аразынæн. йæ раззаг къул та æрдæгæй уæлæмæ сыгъдæг фæйнæгæй конд у, æмæ раст уæладзыг хæдзары верандæйæ уæлдай нæу — кæцыфæнды рудзынгæй дзы ракæсай, уæддæр дæм уæтæр иууылдæр зындзæнис, цыма дæ армытъæпæнтыл æвæрд у, афтæ, стæй дæм зындзысты бирæ быдыртæ æмæ æндæр уæтæрты фæздæг калгæ сæртæ дæр. Хъомыл фосæн уыйбæрц хъарм бынæттæ ничи кæны, æрмæст дымгæуромæнтæ. Кæм æфтынц къухы... Стæй зынаргъ сты ахæм дард зæххытыл æмæ хизæнтæ куы аивой æм.æ æвиппайды иу фæззæг æндæр ранмæ куы фæраст уой, уæд хъуамæ цæмæн фесæфой колхозонты фæллой æмæ колхозон мулк? Æмæ уæддæр Ботасæй «хынджылæг» кæнынц: йæ фиййæуттæн, дам, паддзахы галуантæ аразы, йæ фосæн та Хъарсы фидæрттæ. Æрмæст, дам, ма йæ æрыгон фиййæуттæн Дзылаты рæсугъдты ракурæд æмæ хъаны цард кæндзæн. Уыдон хынджылæг кæнынц. Фæлæ Ботас дардæй хъамыл куы нæ фæласын кодтаид, кауты æддейы дзы дывæрццыг куы нæ сарæзтаид, уæд... Уæд йæ фос ныр куыд нард сты, афтæ нæ уаиккой. Цыргъæвзаг адæм ис æмæ уыдонæн уыцы хъуыды зæгь, уæд та худæн ныхæстæ кодтаиккой. Уыдон хынджылæг кæнынц, æвæццæгæн, уымæн æмæ ахуырæй фидар не ’сты. Ахуырæй фидар нæу Ботас дæр, ныры фæсивæды фадæттæ йын нæ уыдис, фæлæ хорз зоны уырыссаг æвзаг; фиййауæн куыд зонын æмбæлы, афтæ, хорз зоны хынцын æмæ йæ цы хъæуы ахæм куысты, уыдæттæ... Æвæдза, ахæм куысты цы хъæуы, уыдон æппæтæй кæй нæ зоны, уый дæр æмбары, фæлæ йын уырыссаг æвзаг феххуыс цыдæртæ бамбарынмæ — Иван Андреевич куы фæахуыр кæны фæоивæды, уæд сæм кæй байхъуыстытæ кæны, уымæй. 224
Æмæ сын иу хатт дзырдта чипыгæй, цыма Ботасы хъуыдытæ дзырдта, афтæ: ис, хæцгæ чи нæ кæны, фæлæ фос тæссаг рынчын цы низтæй кæнынц, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, фос дымгæмæ бирæ куы баззайой, уæд фæнизджын вæййынц, стæй уымæй уæлдай рынчын чн нæ кæны, уыцы фосæн дæр сæ хойраджы хъаруйæ бирæ цæуы сæ буар схъарм кæнынмæ, уазалы куы уой, уæд. Æвæдза, раст хъуыдытæ сты. Ботас дæр æй æмбары. Афтæ хъуыдытæ кæны Ботас, йæ тъахтиныл, афтид нымæтыл хуыссы, афтæмæй. Ницы хъыгдары Иван Андреевичы. Уый мидæгæй бады йæ «лабораторийы» æмæ та цыдæртæ кусы, фыссы. Хорз сарæзта дæргъæй-дæргъмæ галуан Ботас фондз хатæнæй. Иу кæронæй бацу, уæд дзы суанг кæройнаг хатæн — къæбицмæ дæр цæуæн ис. Ноджы алы хатæнæн йæхицæй дæр æддæмæ дуар ис, фæлæ уыдонæй зымæгон нæфæпайдакæнынц—алы фегом дæр уазал хæссы, сыгъдæг уæлдæфæн та рудзгуытыл фортæчкæтæ ис. Фыццаг хатæн æрбацæуæн у, фиййæуттæ сæ нымæттæ, еæ хуылыдз дарæс мидæмæ цæмæн хæссой? Сæхииу адзæбæхтæ кæнæнт æмæ фæаивæды хатæнмæ æрбахизæнт. Чызджыты хатæнæй уæлдай сын нæу — сæ хуыссæнтæ дзæбæх, аив æфснайд, цыма нæ дзыллæйы раззагдæр адæмтæй уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц... Раст зæгъын хъæуы, Дауты цæгъдын æмæ зарынмæ байхъусынмæ дард уæтæртæй дæр æрæмбырд вæййынц. Фæлæ уыдон дæр фиййæуттæ йедтæмæ чи сты? Фæсивæды хатæн бирæ стырдæр у, уыдон бирæ фылдæр сты, зæрæдтæ та Иван Андреевич æмæ йæхæдæг сты. Иван Андреевич кæм бадтис ныртæккæ, уьщы хатæнæн та бирæ нæмттæ уыдис: «клуб», «скъола», «культурæйы галуан», «дохтыры лаборатори» æмæ æндæртæ. Æрмæст ыл уыцы нæмттæ æвæргæ куы пæ скодтаиккой, уæддæр ахæм æппæт хæстæ дæр æххæст кодта. Мидæггаг хатæн та къасбиц уыдис. Фæззæг æмæ зымæг цас цыхтытæ хъуамæ уа!.. Фиййæуттæ сæхæдæг афтæ куы дзурыпц, мит цас хæстæгдæр кæна, уыйбæрц гуымбыл тайгæ кæны, мит цас дарддæр кæна, уыйбæрц та гуымбыл рæзгæ кæны, зæгъгæ. Фæлæ ма аззади фæз15 Лдæм адæч сты 225
зæджы хицæн хуыскъ фыстæ æмæ се ’хсыр хъуамæ дзæгъæлы цæмæн сæфтаид? Зайын нæма райдыдтой фос. Мæнæ дзы æрмæст ацы æдылыйы мад батагъд кодта — йæ нывæрзæны уæле хуыссыдис чысыл, тынг къæбæлдзыг уæрыжæмæ йæ йæхимæ æрбайста Ботас, йæ риуыл æй слæууын кодта: — Æццæй? Æгæр раджы райгуырдтæ, æгæр, æмæ ахæм та тыхстытæ фылдæр æййафы, рæстæг ын карз кæны, фиййæутты йæм æвдæлгæ нæ кæны æмæ йæ сабийы бонтæ æнкъардæй æрвиты мæнæ дæуау. — Мæнмæ исты дзурыс? — райхъуыст æм Иван Андреевичы ныхас. — Нæ... Нæ дзугтæ æрæгмæ цæуынц æмæ сæм, зæгъын, куы акæсин, — йæхæдæг йæ «сынтæджы» рабадт, уæрыччы хъавгæ æрæвæрдта зæххыл æмæ уый дæр йæхи аивæзта, йæ чысыл тымбыл дьгмæг бауытъта æмæ уæд лæмæгъ бауасыд «мее», зæгъгæ. — Хорз, хорз. Ныртæккæ дæм æрбахæццæ уыдзæн дæ дарæг æмæ дæ бафсаддзæн, кæд ма уазалæй йæ къæхтыл дæр лæууа, уæд, —• æмæ æддæмæ рахызт. Фиййæуттæ æмбисæй фылдæр æфснайд фесты фосы... Фæлæ сæ, ау, куыд нæ базыдта Ботас, куыд æнæуынæрæй æрбацыдысты? Æмæ дзы æниу чи уынæр кæна? Уый уалдзæг мин алыхуызон хъæлæсæй куы ныууасынц фыстæ сæ уæрыччытæм æмæ сæ фосы разæй чи фæцæуы, уыцы сæгъты къорд сæ сæныччытæм, уæд бæстæ æрвнæрæгау фæкæны æмæ сæ чи нæ фекъусдзæн? «Мин алыхуызон хъæлæсæй?» — худгæйæ фæфæрсынц, хъуыддаг чи не ’мбары, уыдон Ботасы, цалынмæ хъуыддаг нæ бамбарынц; уæдмæ. Æмæ сын Ботас дæр сæ худынмæ бахуды, афтæмæй дзуапп радты. «Мин алыхуызон хъæлæстæй уасынц æмæ сæ уыцы уастмæ гæсгæ арынц сæ уæрыччытæ æнæкæрон дзуджы æхсæн, уæдæ куыд! Иууылдæр æмхуызон хъæлæстæй куы уасиккой, уæд æнæкæрон дзугты æхсæн уæрыччытæ æмæ мадæлтæ кæрæдзийы куыд агуриккой? Фæлæ сæ кæрæдзийы уасынмæ фезгъорынц дзугты æхсæнты. Мах æй нæ ахсæм иу фысы уастæй иннæйы 226
æхсæн цы хъауджыдæр ис, уый, фæлæ йæ уыдон сæхæдæг хорз æвзарынц». Фæлæ нырма уалдзæг нæма у, цот сын нæма исæмæ кæмæ уасой, ахæм сын нæй. Æнцадгай хизгæ æрбацæуынц, тагъд цæугæйæ кæрдæг куыд нæ ссæндой, афтæ, стæй над зæхмæ куы æрбахæццæ вæййынц, уæд æрбалæзгъæр кæнынц уæтæрмæ æнæуынæрæй. — Ацу, ацу ды мпдæмæ... ацæут мидæмæ, фиййау чи уыдис, уыдон се ’ппæт дæр æмæ уæхи бахъарм кæнут, кæннод абоны хуызæн уазал дымгæ никуы кодта æмæ, æвæццæгæн, ныссалдыстут, — хъæр кодта боны фиййæуттæм Ботас, Алтеджы нымæт ивазгæйæ, зæгъгæ, ды дæр ацу. Фæлæ бон-изæрмæ чи бафæрæзта, уыцы фиййауæн ма минут цы бафæразын хъуыдис æмæ фос æфснайынмæ кæронмæ фæкастысты. Æрбахизæн уатмæ ракæлы лæгдоны хъармы иухай. Æмæ кæд дæндæгтæ къæрцц-къæрцц кæнынц, уæнгтæ æмæ цæнгтæ ризынц, уæддæр фиййæуттæ сæ уымæл дарæс, сæ æрчъиаг дзабыртæ ласынмæ рæвдз февналынц. Боны уæтæры чи уыдис, уыцы фæоивæд лæппутæ сын феххуыс кæнынмæ фæхъавынц, фæлæ ма уыцы минут, боны зынтæ куы фесты, уæд ма фæстаг минут йæ сæрмæ чи хæосы æххуыс бацагурын! Фæлæ та хæлар æмгары «цæй-ма, гъа», «уæдæ мæн дæр райсом дæу æххуыс нал хъæудзæн» æмæ æндæр ахæм бусты фæстæ сразы вæййынц хуылыдз фиййæуттæ. Мидæгæй, зæрæдты уаты пæлхъæй фæфыхт фысы фыд æмæ йæ сой дыууæ æнгуылдзы бæрц йæ уæлæ сбадтис. Иу фарс æй абырын кодта ауындзæнæй Ботас, хæрынмæ бæзгæ куыд æруазал уа, афтæ. Кæннод æрыгон фиййæуттæ куыд æххормагæй æрбацæуынц, уый хорз зоны йæхæдæг. Иван Андреевич æй «аппетит» хоны. Фæлæ фæсивæды аппетит цæмæн хъæуы, уыдоны хæринаг хъæуы æмæ хъуамæ сæхи бафсадой... Фынгтæ æрæвæрынмæ Даутæй сæрæндæр ничи уыдис фиййæуттæй, уæлдайдæр-иу боны фиййау куы нæ уыдис йæхæдæг, уæд. Фæлæ фынгтæ æрæвæрынæй уæлдай ма Даут уымæй дæр хорз уыд æмæ фынгтыл чи бадтис, уыдонæй йæ худæг ныхасæй худæг ныхас къахта æмæ фынгтылбадджыты хъæлдзæг дардта. 227
Фæлæ уæтæры адæм ацы æхсæв нæ бахъæлдзæг сты, сæ худæн ныхæстæ дæр-иу къæйæ пуси куыд схауа, афтæ фехъуыстысты, фæлæ дзы къæр-къæргæнаг цæкуытæ нæ рауадис. Арвы сау æмæ дымгæйы уазал цыма сæ зæрдæйы бацыдис, афтæ зындис. Фæлæ, æвæццæгæн, уыцы арв æмæ уазал дымгæ цы фосæн зын кæнынц, уыдоныл сæ хъуыды кæны алчидæр æмæ уымæн æрæнкъард сты. Нæ рауадысты Дауты цæгъдтытæ дæр, æнæуи куыд хъæлдзæг вæййынц, афтæ.Æмæ уæдбазарыдис йæзæронд хъæлæсæй зæронд зарджытæ Ботас. Лæппутæ дæр сæ зарынц, уыдонæн æрыгон æмæ тыхджын хъæлæстæ ис, фæлæ дзы Ботасы хъæлæсæй цавæрдæр хъармдæр зæлтæ хъуысы, æвæццæгæн, ма уый æрыгон куы уыдис, уæд сæ зарын куыд райдыдта, афтæ сæ зарыдис ныр дæр йæ зæронд хъæлæсæй. Фæлæ уыцы зарæгæй дæр нæ бахъæлдзæг сты. Диссаг уыдис, алкæйы дæр сæ фæндыдис иннæйы бахъæлдз’æг кæнын, фæлæ нæ бахъæлдзæг сты иумæ. — Иван Андреевич, фæсивæдæн ма дæ истытæ ацамонын фæнды? — бафарста Ботас. — Нæ, уый бæсты ныххуыссæнт æмæ мах дæр хуыссын бауадзой, — загъта Иван Андреевич æмæ фæсивæд уайтагъд сыстадысты зæрæдты хуыссæиуатæй. — Æмæ уæдæ, загътай, уыцы... цы йæ хуыдтай? О, махмæ йæ саси хонынц... уый уазалæй дæр æфты, зæгъыс? — Уæддæр мæ, æвæццæгæн, æнæ ахуыртæ, фæрстытæ, дзуæтшытæ ацы æхсæв дæр нæ ныууадздзынæ, — бахудтис Иван Андреевич. — Нæ... фæлæ мæ зæрдæ тынг æхсайы... Ацы уазалтæй нæ фос куы фæсахъæттæ уой... — Уый у, — зæрдиагæй загъта Иван Андреевич.— Тас сын у. Ууыл фесты сæ ныхæстæ, сæ хъæлдзæгдзинæдтæ фиййæуттæ, фæсивæд сæхи хатæнмæ рацыдысты. Хъа.- зæн æмæ хъæлдзæг ныхæстыл нал фесты уыдон дæр, иннæ хæттытау, афтæмæй ныххуыссыдысты. Алтег ма йе ’мцег уæрыччы систа, бирæ йæм фæкаст, стæй йæ зæххыл æрæвæрдта æмæ цырагъ ахуыссын кодта. 228
Ныссабыр ис фиййæутты цæрæнуат. Æрмæст ма æрбацæуæны сыгъдис цырагъ æмæ йæ рухс хатæнмæ хъардта. Уым та уыцы агæппæввонгæй бадтис рады æхсæвгæс, фæлæ йæ гæпп кæнын никæдæм хъуыдис... Бæстæ уыд æнцад. Нал рæйттой куитæ. Æрмæст-иу дардæй дымгæ ныхситт кодта, ныууасыд æмæ-иу цыма йæ уазал уæнгты фæмидæг, афтæ зындис. Ехх, æвæдза, ды дæр дæхи де ’мбæлтты хуызæн æруадз æмæ бафынæй у! Фæлæ радгæсы хæс стыр у. Æмæ фæразын хъæуы... Æмбисæхсæвтæй дзæвгар куы рауад, уæд райхъал Алтег. Йæ дзабыртæ акодта æмæ рацыд æддæмæ. Бæстæ уыдис æмвæтæнæг урс-урсид æмæ ноджы мит калдта æмæ калдта. Æддæдæр акæсынмæ хъавыд, фæлæ йæ дзабырты зын цæуæн уыди, мит уæрджытæм хæццæ кодта. Баздæхт мидæмæ мæт æмæ сагъæсимæ: миты фæстæ куы фæирд кæна, уæд бынтон зын уавæрты бахаудзысты сæ фос. Æддæмæ куы рацæйцыдис, уæддæр радгæсы раййæфта фынæйæ æмæ йæ райхъал кæнынмæ хъавыдис, фæлæ йæхи фæурæдта, — æрыгонæн фæцъынд дæр бирæ у. РГæхæдæг уал акæсдзæн, стæй куы ’рбаздæха, уæд æй райхъал кæндзæн, нæ йæ райхъал кæнид æмæ уæд хæлгæ кæны фæсивæды æгъдау, — æмæ йæ рог бауыгъта: — Лæппу, æнхъæлдæн, фынæй кæныимæ хъавыс? — Куы нæ, — рог фæгæпп кодта лæппу. — Уæдæ дæ фос куыд сты? — Ницы сын у, — цырд дзуапп лæвæрдта лæппу. — Рæстæджыхъæд та куыд у? Лæппу ердойæ дымгæйы хъæр куынæуал айхъуыста, уæд загъта: — Дымгæ фæсабырдæр. — Æндæр ма? — Æндæр ма фосæн тынг фенцондæр æмæ сæхицæн сынæр цæгъдынц. — Цæвиттон, раджы бафынæй дæ, тынг раджы æмæ уый хъуыддагæн нæ бæззы, — загъта Алтсг, лæппуйæн цыма йæ хистæр уыд æмæ йын зонд амыдта, афтæ. 229
Лæппу ницы бамбæрста, цæмæй йæ зылын кæны уымæн, фæлæ ныхъхъус. — Æддейы мит уæрагмæ ныууарыдис, ды та йæ зонгæ дæр нæ кæныс. — Уанцон нæу! — æваст хъæр фæкодта лæппу, фæлæ йын дзуапп нæ радта Алтег, дарддæр ын дзырдта. — Цæвиттон, ды митуарыны размæ бафынæй дæ æмæ уæрагмæ цалынмæ не ’руарыд, уæдмæ фæфынæй кодтай. Уый хорз нæу. Афтæмæй колхозыл дæр зиан æруадздзынæ, дæхи дæр бафхæрын кæндзынæ. — Алтег, йæ сæры ма йын рентгены акæсæм, кæддæра уыцы даргъ фынæйæ цавæр фынтæ федта? — цыма фынæй дæр нæ бацис, ахæм ныхасæй загъта Даут. Фæсивæдæй кæйдæр пыррыкк фæцыд. — Сымах та ныффынæй ут, æндæр уæ цы хъуыддаг ис? — загъта сын Ботас. — Баба, уый <куыд у — иутæ нæ хуыссын <куы нæ уадзынц, иннæтæ нæ фынæй куы кæнын кæнынц? — худгæйæ бафарста Даут. — Чи цы хъуыддаджы пс, уый куы фæкæны, уæд фидар вæййы æмбæлтты æхсæн æгъдау... Ныффынæй ут... Ды та фæфидар у, дæ тæккæ тыхы куы дæ. — Æз нал бафынæй уыдзынæн, æмæ йæм фæкæсдзынæн, — загъта йын Алтег. Иннæтæ нууылдæр бахуыссыдысты, Ботас сын загъта æмæ йæ ныхасыл дыууæ нал загътой. Фæлæ сын бирæ фæфынæй кæныны рæстæг не ’рцыд. Иурæстæг сæм æддейы фехъуыст фиййауы ехсы гæрах æмæ иу уылдæр фехъал сты. Цæвиттон, фосы мæтæй Алтеджы хуыссæг нал æрцахста. Катай кодта, цыбыр рæстæгмæ афтæ арф кæ.м æруарыди мит, уым ма суанг бонмæ куы фæуара, уæд цы уыдзæнис? Ахæм хабар æрцыд иокуы, уый никуы фехъуыста, фæлæ йæхи зæрдæйæ тæрсын райдыдта, ’миты бын куы фæуой, уымæй.- Лæууыд фосы уæтæры раз Алтег. Йæ цæстыты раз ын мит сæ дзугтæ йæ быны кæны, æмæ сын цæмæй баххуыс кæна, уый нæ зоны Алтег. Æрхъуыды та исты хъуыди. Æмæ йæм фæзынд замманайы хъуыды. 230
Фосы сæхибар уадз, уæд уыдон ницы æмбарынц. Ныккукатæ сты, æмæ æнцад лæууынц, м.ит сæ йæ быны куы фæкæна, уæддæр уыцы æгомыгæй сразы уыдзысты сæ сæфты хъысмæтыл. Фæлæ сæ фезмæлын æмæ сæ бынæтты ратæр-батæр кæнын хъæуы. Уæд мит нæмдзысты æмæ м-иты бын нæ фæуыдзысты. Нæ райхъал кодта радгæсы дæр, афтæмæй йæхæдæг фæлварынмæ рацыд. Фыстыл ахæцы, асхойы сæ, фæлæ уыдон æнцад лæууынц. — Азмæлут, ард уæ хæдзары макуы бацыд, — зæгъгæ, сыл хъæр кæны Алтег. Зынæй змæлынц фос. Архайы, йæ хид рацыд, бафæллад æмæ йæ ныфс дæр сæтты, йæ хъуыдыйæ куы ницы рауайа, уымæй тæрсы. Цалдæр хатты æрлæууыдис æмæ-иу йæ куыет ныууадзынмæ хъавыд, фæлæ таиу ногæй архайын райдыдта. Æмæ иудзæвгар фыстæн мит куы æрнæмын кодта, уæд рæвдздæр змæлын байдыдтой. Æрмæст ма йæ иу нæг æмбал куы уаид, уæд фервæзын кæнюккой æппæт дзуг дæр. Уæд бацыд радгæс лæппумæ æмæ йæ райхъал кодта. Бамбарын ын кодта йæ хъуыды æмæ иумæ кусын райдыдтой. Фæлæ дыууæйæ даер цы бакодтаиккой уæрджытæй æмæ къухтæй архайгæйæ. Æмæ та йæм уæд ног хъуыды фæзынд — фиййауы ехсы гæрахæй фос тæрсынц. Бацыд лæгдонмæ æнæуынæрæй. Рахаста ехс. Æрлæууыд дзуджы астæу, ныззылдта ехс æмæ дзы ахæм гæрах фæкодта æмæ топпы æхстæй къаддæр хъæр нæ уыд. Æмæ уыцы къæрцц уы* дис, æппæт фиййæутты дæр чи райхъал кодта, уый. Чи куыд раздæр акодта йæ дарæс, афтæ æддæмæ батагьд кодта. Боны æрбацъæхы диссаджы ныв федтой: арв æмæ зæхх сиу сты уыцы урс-урсидæй. Худыйас миты тъыфылтæ уыцы бæзджынæй тахтысты æмæ кæцырдæм тахтысты, — уæлæмæ, дæлæмæ æви фæрсырдæм, уый зын базонæн уыдис. Æрмæст мит зæххыл кæй бадт æмæ бæзджынæй-бæзджындæр кæй <кодта, уымæй базонæн уыдис, бынмæ кæй хауы, уый. Фыстæй кæй нæма фезмæлын кодтой Алтеджитæ, уыдонæн се рæгътыл мит сбадтис дыууæ дисны бæрц 231
æмæзæххы мит сæ гуыбынтæй фæуæлдæр. Æрмæстма рагъы митæй зæххы миты æхсæн зындысты фысты фисты нарæг уадздзæгтæ æмæ фысты сæртæ, сæртыл — сыкъаты æх’сæн цыма .мит арфдæр ныууарыд, афтæ зынди. — Куы сæфой, уæд се ’ппæты фервæзын кæнын нæ бон цы бауыдзæн, фæлæ цом æмæ кæдмæ фæразæм, уæдмæ сын сæ алыварс мит иæмдзыстæм, æндæр цы гæнæн ’ис, — зæгъынмæ куыд хъавыдис Ботас, афтæ, топпы гæрахау цыдæр хъæр дьиккаг хатт фехъуыст. Ботас мæстыйæ фæкасти æмæ федта Алтеджы. Уый æртыккаг къæрцц кæнынмæ йæхи куыд цæттæ кодта, афтæ йæм мæстыйæ фæхъæр кодта: — Лæппу, хъазыны дуг нын нымкодта, æви ехсæй цæуыл цъыччытæ кæныс? Æнхъæлдæн дæ фыдуаг митæ нæма ныууагътай. Лæппуйæн йæ цонг хæрдмæ истæй баззадис, ны-цъцъыкк кæнынмæ куыд хъавыд, афтæмæй æмæ дисгæнгæйæ акастас Ботасмæ. — Æмæ æз дæр хынджылæг куы нæ кæнын, — аххосджынау загъта Алтег. — Æмæ уæдæ уый циу? — Ехсы цъыккæй фос тыиг тæрсынц æмæ иуварсмæ куы фефсæрой, уæд рагъы мит дæр рахаудзæн æмæ сæ быны мит дæр æфсæрдзысты. Стæй фосæн сæхи ратæр-батæр кæнын байдайдзыстæм æмæ сæхæдæг сæ мит нæмдзысты, афтæмæй сæхи уæлæмæ исдзысты. Джихæй кæсгæ йæм баззад Ботас æмæ дзурын дæр йæ бон нал уыдис — кæсы æмæ раздæр цы фосы æхсæн ньщъцъыкк кодта, уым стыр зиллаччы фыстæн сæ мит се рагъыл нал уыдис, сæ гуыбыптæй хафæгау акодтой мит, æмæ сын гуыбынмæ йедтæмæ нал хæццæ кодта. — Æнхъæлдæн æмæ нæ фæсивæды хуыздæр дæ... Цæй-ма, ныцъцъыкк ма кæн, — æмæ дисгæнгæйæ кастис. — Фæсивæды хуыздæр нæ дæн, фæлæ мæ дзæгъæлы бафхæрдтай мæ фыдуаг миты тыххæй, — æмæ йæ къух æруагъта ыог цъьжк цæттæ кæныны тыххæй. — Уый та мын хатыр бакæн, мæ тæвдæй фæрæ232
дыдтæн, — фæлæ ныхас нал фехъуыста Алтег æмæ ныггæрах ласта ехсæй. Уæдмæ æддæмæ рацыдысты, лæгдоны ма чи уыдие, уыдон дæр æмæ дисгæнгæйæ кастысты Алтег æмæ Ботас цы кусынц, уымæ. — Иван Андреевич, Алтег нын нæ фосæн фервæзыны хос ссардта, æнхъæлдæн. Цомут-ма тагъд мæ фæдыл, фæсивæд, æмæ бафæлварæм. Раст рауад Алтеджы хъуыды. Фысты сæ бынаты змæлын кæнгæйæ сæ къæхтæй мит надтой æмæ сæхи уæлæмæ истой. — Бæппу! — афтæ хуыдта Ботас Дауты, — марадз, ма фæзивæг кæн æмæ ацы хабар нæ сыхæгтæм дæр .бахæццæ кæн æмæ уыдонæн дæр сæ фос ма фесæфой. Уыдон хабархæссæг фæдисау арвитæнт дарддæры колхозтæм, суанг нæ фаллаг уæтæрмæ дæр куыд бахæццæ уа, ды та-иу раздæх æмæ нæхимæ фæкæс. Зивæг кæныс? — Зивæг та цæмæн? Æз сын ныртæккæ фехъусын кæндзынæн. — Æрмæст дæхимæ кæс, митæй ницы зыны æмæ ма фæдзæгъæл у. — Уанцон нæу! Сывæллон ма дæн? — æмæ сагæхтæм чи хæццæ кодта, ахæм миты хъуырдухæнгæнгæ алæгæрста. йæ уарзон куыдз Силам, куы федта, йæ хицау кæдæмдæр дард ранмæ цæуы, уый, уæд йæ бынатæй -митмæ агæпн кодта, цыма денджызмæ гæпп кодта, афтæ æмæ аленк кодта, йæ сæрты чи калд, уыцы фæлмæн миты, йæ еæр æмæ къæдзил хæрдмæ даргæйæ. «Хуыцау дæ сразы уæд», — йæхипымæры куыдзæн раарфæ ^кодта Ботас, уый йæ лæппуйы фæдисы кæд æрвыста, уæддæр тæрсгæ кодта, ацы тымыгъы йын куы ныдздзæгъæлтæ уа æмæ куы фесæфа, уымæй. Æнæ æрвитгæ та йын нæ уыди — дæхионы раз искæйы лæплуйы арвит, уый дæр куыддæр аив нæу. 4 — Ма мæ ныууадзут... Ауадзут мæ, мæ хæдзар хæлгæ кæм кæны, уырдæм... Лæджы хъару кæм бахъæуа, 233
уым <мæм лæджы тых дæр разындзæн... Уæддæр мæ ам ма ныууадзут, — <куыдта æмæ лæгъстæ кодта Дофка Дзибусæн, фæлæ йæ уый сабыр кодта: — О, гормон Дофка, дæхи цæуыл хæрыс? Тас фосæн у, æндæр дзы адæмæн та цы тас у? Хъуыста сæм иуварсырдыгæй Дæпка æмæ уый дæр загъта: — Раст дын зæгъы, Дофка, æмæ йæм байхъус, ам куы баззаис, уæд кæд дзæгъæлы дæхм нæ фæтухийæ марис. — Æрра мæ рахонут, фæлæ мыл худгæ ма фæкæнут. Дысон-бонмæ цы фыдфынтæ фæуыдтон, уымæй зонын, мæ хæдзарыл цы цæуы, уый. — Дæ фынтæй дæхи *ма тæрсын кæн. Телы хабар знон фехъуыстай. Дæ тыхстдэинад дæ æнцад хуыссын нæ бауагъта, фыдфынтæ дæр уымæн фæуыдтай, — баздæхтис æм Зæлинæ. Уый ныронг æнцад лæууыд, хъуыста мады лæтъстæмæ, æмбæрста йæ æмæ йын тæригъæд кодта, фæлæ ницы дзырдта. Зыдта, Алтеджимæ се ’хсæны цы уарзондзинады хабар ис, уый кæй зоны Дофка æмæ йæм ныхасы бацæуын аив нæ кастис. — Бæргæ, дæ рынтæ бахæрон, мæ фынтæ æцæг куы нæ рауаиккой. Фæлæ нæ зонын... — Дофка, мæнæн ме ’фсымæр куы у Алтег. Исты зыи ыл куы æрцæуа, уæд ын мæнæй хуыздæр нæ баххуыс ’кæндзынæ, — радзырдта кабинæйæ Данел, стæй зæхмæ рагæпп кодта. — Бахатыр кæн, мæхи æнæджелбеттæй кæй равдыстон, уый, — хатыр дзы ракуырдта, æмæ уыцы ныхас бынтондæр æрфæлмæн кодта Дофкайы зæрдæ. Иæ цæссыгтæ асæрфта Дофка. Дынджыр машинæйы гуыффæйы бадтысты дзæвгар адæм æмæ йæм æнцад кастысты, — бæрæг уыд, уыдон дæр æй кæй æмбарынц. — Бахатыр мын кæнут уæдæ, æгæр уæ ныффæстиат кодтон... Фæлæ а’м цалдæр хатты фыдуагæй равдыста йæхи. Уьгм та адæмæн тагъд æххуыс кæнын куы хъæуы, уæд хæрзты ирвæзын кæндзысты, фæлæ ахæм кæй хъæуы? Цæут, лæгтыдзуар уæ фæндараст фæкæнæд. — Марадз, кабинæмæ бахиз ды, Зæлинæ, — загъта Дзибус. 234
— Ницы хуызы... Мæнæн уæлейы дæр ницы у, хъарм тыхт дæн, — фæлæ Зæлинæ цалынмæ уыцы ныхæстæ кодта, уæдмæ Дзибус цалхыл алæууыд æмæ йæхи машинæйы гуыффæмæ фехста. Уæззау машинæйы мотор скуыста æмæ бæлццæттыл цы ’бирæ адæм æр&мбырд, уыдон иуварс алæууыдысты. Гуыффæйы чи бадтис, уыдон сæхи æруагътой. Æмæ цæуыл æруагътаиккой, уый дæр дзы уыдис: хæмпус сыгъдæг хъæмпæй арф гуыффæ — йæ тæчскæ былтæм. Ууыл адæм кæрæдзиуыл куы ауадзынц сæхи хъарм нымæтты мидæг, уæд уымæй хуыздæр цы ис, мит кæнæ зæгъ куы нæ уара, уæд. Дымгæ тæхы уæлæты, уæлдæф у сыгъдæг æмæ дзæнæт кæй хонынц, уымæй дзæнæтдæр! Данел къахæй педал нылхъывта, рычаг фесхуыста æмæ машинæ фенкъуысыд. Уæлейы кузовы чидæр фæндарасты зарæг ныццæлхъ ласта. Иннæтæ йæм афтæ тыхджын æмæ рæсугъд бахъырныдтой, æмæ сæм йæхи нал баурæдта кабинæйы Данел дæр: -бакаст фæрсырдæм Зæлинæмæ, чысыл сывæллонау æнæмбаргæ худт бакодта, стæй йæ фæндагмæ размæ нымкаст, газ фæфылдæр а<одта æмæ йæ бæзджын хъæлæсæй бахъырныдта. Зæлинæ тарстис, хъырныныл куы фæуа æмæ уырдгуыты, фæзилæнты исты фыдбылыз куы скæна, уымæй. Цæмæй зоны уый, шофыры арахъхъ кæй кæны фыдбылызмæ, фæлæ хорз зарæгмæ хъырнгæйæ йæ фæндаг бæлвырддæр кæй уыны æмæ кæй ницы тас у. Машинæ тахтис æмæ тахтис размæ урс-урсид быдырты æхсæн сау стъæлфæй. Бон цыдис ивгæ — арвыл æврæгътæ сындæггай бырыдысты æмæ-,иу арæх сæ астæуты хур æркаст. Дæлæ дард, цыма <митау урс-урсид æврæгътæ гæбæзтæй хицæн кæнынц, стынц арвмæ æмæ дзы рогæй ленк кæнынц. Ноджы мит йæхæдæг дæр у хæмпус æмæ цыма æппындæр уæз нæ кæны, афтæ зынди Зæлинæмæ. Фæлæ куыд дарддæр цæуынц хъæуæй æмæ куыд хæстæгдæр кæнынц уæтæртæм, афтæ мит арфæй-арфдæр кæны, уæртæ машинæйæн суанг йæ буфермæ хæццæ кæнын байдыдта... Æвæдза уый зæрдæдзæбæхæн балц у, зæгъгæ, уæд ма диссаг дæр уаид ахæм фæндаг. 23")
Фæлæ ныртæккæ ууыл чи у? Адæм æмæ фос тасы бынаты сты. — Раст цæуыс? Æбæрæг быдырты, æвæд миты нæ фæдзæгъæл уыдзынæ? Куы ныффæстиат уæм, уæд адæм æмæ фос... — Ма тæрс, — размæ йæ фæндагмæ, цыма йæхæдæг дæр фæндаг куы фæрæдийа, уымæй тарст, афтæ ныккаст æмæ сабырæй дзуапп радта Данел. — Уымæй ма тæрс. Шофыр иу хатт .кæуылты ацæуа, уым ын фæрæдийæн нæй, цыфæнды уавæры куы уа, уæддæр, адæймаг истæйаг >куы уа, уæд... Фæлæ до-о- лæ кæсыс, нæ размæ ма цавæрдæр фæд æрбахызт, æвæццæгæн уыдон дæр мах хуызæн фæдисæттæ сты, —æмæ йын йæ цæсгомы фезмæлдæй размæ ацамыдта. Зæлинæ æцæг федта миггы иулыстæг таг дызгъуынтæгæнгæ >кæй æрбащыд æмæ ,кæй адаргъ ис сæ размæ. Куы йæм бахæццæ сты, уæд чызг йæхæдæт дæр бафипнайдта, машинæ митыл йæ гуыбыныл куыд бырыдис, уый, фæлæ ма йын æй Данел дæр ацамыдта æмæ за^гъта: — Æнхъæлдæн фесæфтысты нæ фос! Куыд сын фервæзын гæнæн уыд ахæм арф м.иты? Фæлæ йып дзуанп нæ радта Зæлинæ, уый æнкъард хъуыдытæй чыоыл рæсугъддæр хъуыдытæм рахызти. Адæмы æмæ фосы тасыл хъуыды кæнгæйæ, цæстытыл æнæ ауайгæ кæм фæцадаид уæлдай тьгхджындæр Алтеджы сурæт, йæхицæн куы басæтта, уæддохтыры бæсты дæр йæхи уымæн куы фæрæвдз кодта, æмæ йæ кæд фенид. «Цыхуызæн у цымæ фиййауæй? — уьщы хъуыдытæ та гуырын райдыдтой -сæры. — Афтæ рæсугъд ма у йæ цæсгом, æви йын æй тыгъд быдыры уазал дымгæ фæкоста æмæ ныосау? Ныффыдындтæ?» Нæ, рæоугъд кæй уыд, уый тыххæй нæ цыдис йæ зæрдæмæ Алтеджы цæсгом. Зæрдæмæ цыдис уымæн, æмæ лæджыхъæдджын адæймаджы цæсгом уыдис æмæ дзы æдзухдæр ныфсджын каст июдтой Алтеджы дыууæ цæсты, нозт сыл-иу йæ хæрв куы авæрдта, уæддæр. «Нозт... Æнæбайрайгæ фæуа, уыйбæрц æй хæлдта! Ныр æм уыйас пал хæццæ кæндзæн позт, фæлæ ма йæ цымæ йæхимæ ласы æви нал? Уый у сæйраг... Цæй, 236
иунæг у мадæн... æз ын æй ныууадзын кæндзынæн»,— загъта йæхидæн æмæ йæхи афтæ раджы хицауыл кæй банымадта, уый тыххæй йæхæдæг йæхицæй фефсæрмы. — Данел, Алтег лисмотæ дæумæ дæр не ’рвиты?— бафарста Зæлинæ? Дисгæнгæ йæм æрбакаст Данел: — Уый та куыд? Æмæ дæумæ нæ фыссы? — Иунæг писмо дзы райстон, æндæр никуы. — Æмæ ’мын дзуапп нæ дæтты, зæгъгæ, дæ хъаст куы кæны писмоты. — Æцæг у уый... Тынг æрæгмæ йæм арвыстон... — Истæйы тыххæй йын фыдæнæн кодтай? Ехх, чызджытæ, чызджытæ, уæд та искуы куы бамбариккат, лæппу-иу ахæм писмомæ куыд фенхъæлмæ кæсы, уый! Фæлæ сымах фыдæнæнтæ кæнут, фыдæнæнтæ! — Фыдæнæн ын ницæйы тыххæй (кодтон, фæлæ рæстæг афтæ рауад... Куыстытæ обирæ вæййынц... Æрæгмæ, фæлæ йын дзуаттп уæддæр радтон. — Уæддæр дзы кæд иунæг ныхас афыстай, йæ зæрдæ йын чи балхæна, ахæм, уæд дын æй ныххатыр кæндзæн. — Зæрдæкъахæн ныхасгæнагæй мæ куы нæ зыдтай. Уыцы ныхас фесты æмæ та размæ сæ фæндагмæ кастысты. Ныр .машинæ йæ базыртæй фаста мит, æхста йæ фæйнæрдæм æмæ цыма глиссер денджызы тырныдта, афтæ зындис. Разæй цы фæд цыдис, уый дæр миты арфæй-арфдæр кодта. Стæй сæм дардæй миты уæлæ фæзындис æнæзмæлгæ сау стъæлф. — Нæ фæдисæттæн сæ машинæ ныллæууыди, — размæ та йæ цæсгомы фезмæлдæй ацамыдта Данел. Уæдмæ бахæццæ сты машинæйæн йæхимæ дæр. Миты фæдтыл куыд бæрæг уыдис, афтæмæй йæ алыварс бирæ рæстæг фæзылдис шофыр. Ныр цыдæртæ архайдта моторырдыгæй. Дзибус шофыры базыдта, уьп"1 куыста обкомы. Æргæпп кодта зæхмæ æмæ шофыры афарста: — Федя, кæй ласыс æмæ кæдæм цæуыс? — Ласгæ мæ хицау æмæ уæ райкомы секретарь Хасмелы кæнын, фæлæ уый цæй ласт у, ацы хъæпæны машинæ размæ дæр æмæ фæстæмæ дæр куынæуал 237
цæуы, уæд? — мæсты хъуыр-хъуыргæнæгау дзырдта æппынæдзух дæр хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ Федя... — Æмæ сæхæдæг кæм сты? — Фæцæуынц фистæгæй... Абадут, зæгъын, иучысыл машинæйы, хъарм дарæс уыл куы ис... Фæлæ дын мæнмæ байхъуыстой, кæсыс, фистæгæй алыгъдысты, дæ машинæ, зæгъы, куы сцæттæ уа, уæд нæ-иу раййаф... Æмæ ’кæдæм ацæудзысты ацы ’миты, бирæ километртæ цæуын ма нæ куы хъæуы, уæд... — Федя, фæкæсон дæм, — загъта йын Данел. — Нæ хъæуы, мæхæдæг ын исты амæлттæ кæндзынæн... Фæлтау гъæй кæнут сæ фæдыл, баййафут сæ æмæ сæ машинæйы сбадын кæнут, кæннод... дзæгъæлы сæхи фæтухийæ мардзысты... — Æмæ ууыл йæ ныхас фæцис Федя, йæ машинæмæ та ньжкастис æмæ бахъуыр-хъуыр кодта: — Æ, куыдз дæ ныммæла, кæд дæ кæм цы ныззаууат ис. Хуысгæ нал -кодта хъæмпыл Дзибус. йæхи нымæты хъарм æрбатыхта æмæ размæ æгæрон урс æрттиваг быдыртæм каст. Никуы зындис иу сау стъæлф дæр. Дардмæ кæсгæйæ фесæфтис адæймæгты фæд дæр — уæддæр уый .машинæйы фæд нæу. Æмæ Данел дæр тæры машинæ, сæ фæд хæстæгмæ куыд зына, афтæмæй. Кæсы размæ Дзибус æмæ йæ цæстытыл уайы, Федяйы хицау — обкомы дыккаг секретарь Горный æмæ Хасмел фæроæй-фæрстæм миты куыд æфсæрынц, уый. Петр Ильич уæнгджын адæймаг у æмæ уый тыххæй цыма йæ уæхсчытæ сæхи хæрдмæ систой, йе ’ставд бæрзæй та дзы бынмæ абырыд, афтæ зыны. Куы цæуа, уæд тыхджын æфсæргæ цыд. Хасмел дæргъæлвæс у лыстæджытæ, йæ къубал дæр размæ, цæмæдæр тырнгæйæ цыма ивæзгæ фæкодта, афтæ зындис. Цæуы даргъ æмæ тыхджын къахдзæфтæй. Иу ран фистæджыты фæд цæхгæр фæзылдис галиуырдæм. Цы уа, уый? Фæндагæй фæрæдийой? Æмæ кæд быдыры нал уынынц амонæн нысан, уæд фæстæмæ сæхи фаедмæ дæр куыд нæ кæсынц? Иу ран лæнкауы куы фæуырдыг кодтой, уæд сæм дардæй æрбазынд миты стыр обæуттæ æмæ дзы иу даргъ обауы сæрæй дыууæ ранæй фæздæг калд æмæ 238
ирд боны куыд сисы йæхи, нарæгастæу рæсугъд чызгау, афтæ нæ исы йæхи, фæлæ зæхмæ гуыбыр кæны йæ сæр, цыма дунейыл цы æрцыдис, уымæй æнкъард у, афтæ. Бамбæрста Дзибус хабар. Кæй уыди колхозтæй, уый нал хъуыды кæны, фæлæ уым дæр стыр уæтæртæ зыдта. Фæлæ фæндагæй дæрддзæф куы сты, уæд сæм цæмæн баздæхтысты, сæхи фæллайын кæныны тыххæй? Æвæццæгæн, бæхагур. Бахæццæ сты уæтæрмæ. Фыстæ дæрæнтæй лæууынц æмæ ма дзы чи чысыл базмæлы, чи амард. Æгæстыл тагъд-тагъд зилынц фондз лæппуйы æмæ сæ æргæвдынц. Æмæ æниу цæй æргæвст? йæ хурхы стыр тугдадзины йын кард атъыссынц æмæ туг куы ныппæххæст кæны, уæд та иннæ мæлинаг фыстæм батагъд кæнынц. Архайджыты раз цалдæр лæджы æнкъардæй лæууынц æмæ кæсынц лæппуты куыстмæ. Лæуджыты æхсæн кæй сты Петр Ильич æмæ Хасмел, уый сæ чъылдымтæй дæр базыдтаиккой, сæ машинæйы хъæрмæ сæм куы нæ ракастаиккой, уæддæр. Горный сæ куы ауыдта, уæд Хасмелы уæхск басхуыста æмæ йын машинæйы адæммæ ацамыдта, цыма йæ къухæй искæйы джебогъау рæхойы, афтæ тагъд. — Кæс-ма дæ уаритæм. Горный уайтагъд азылд фиййæуттæм. — Уæ зыныл риссæм, æндæр уын цы нæ бон у. Æндæр республикæйæ кæй стут, уый тыххæй уæ æнæ æххуыс нæ ныууадзиккам нæ къухы исты куы уаид, уæд. — Бузныг, нæ зыны сахат нæ бæрæг кæй бакодтат, уый тыххæй, — дзырдта уæтæры фиййæутты хистæр.— Уæхи къухы цы фос æмæ адæм ис, уыдон æнæфыдбылыз уæнт, кæд ма ацы митæй иокуы æнæфыдбылызæй баззайæн ис, уæд... Зæлинæ машинæйæ рахызтис Горныйæн кабинæйы бынат суæгъд кæныны тыххæй æмæ уæлæмæ фæцæйхызт, фæлæ йæ уый йæхæдæг баурæдта æмæ йын мидбылты худгæйæ загъта: — Ахæм æгъдау нæй æмæ уыйбæрц нæлгоймæгты æхсæн иунæг сылгоймаг гуыффæйы цæуа, нæлгоимæгтæй исчи та кабинæйы, — æмæ гуыффæмæ йæхæдæг схызти. 239
— Сымахмæ дæр, кæй зæгъын æп хъæуы, нæ уыдзæнис кæрдтæ? Ахæм фæдисы рæстæг адæм лыстæг хъуыддæгтыл нæ ахъуыды кæнынц, — бафарста Горный Дзибусы. — Ис не ’ппæтмæ дæр кæрдтæ. Æппын ницы, фæлæ уымæ фæцарæхстыстæм. Иуцасдæр сæ ничи ницыуал дзырдта. Æмæ кæд алчидæр йæхинымæр хъуыдытæ кодта, уæддæр сæ мæтаг иу уыдис — уæтæртæ. Цы баисты цымæ афонмæ фос? — Ацы уæтæрау кæд сты мах уæтæрты фос дæр, уæд ныл стыр зиантæ æрцыдис, æндæр ницы, — æнкъардæй размæ каст Горный. — Цас дарддæр цæуæм, уыйбæрц цыма мит арфдæр кæны, афтæ зыны, — загъта Дзибус. Уыцы рæстæг Хасмел йæ къухæй ацамонгæйæ ва,гъта: — Размæ нæ, фæлæ ма фæстæмæ акæсут, цас машинæтæ нæ æрсуры.—иу, дыууæ, æртæ, цыппар, фондз... Æвæццæгæн иууыл районтæн дæр хабар хъуыстгонду. — Уæлæ разæй чи уайы, уый сымах газик у, æрсуры уæ, — æмæ машинæтырдæм йæ къухæй ацамыдта Дзибус дæр. Ахæм ног уард митыл алы сау стъæлф дæр дзæбæх зыны—уадысты бирæ уæзласæн машинæтæ. Машинæты мидæг адæм ,кæй бады, уый дæр дзæбæх зындис. Уыдон фæдис кодтой сæ фæллой, сæ фос ирвæзын кæнынмæ. — Сымахыл уал цом, Дзибус, сымахæй фылдæр фос никаамæ ис æмæ фенæм, цытæ баисты, уый, стæй дарддæр иннæ уæтæртыл дæр азилдзыстæм. И, Хасмел? — Афтæ, афтæ растдæр у. 5 Ботасы уæтæры даргъ лæгдон дæр бирæ иннæ лæгдæттау миты бынæй дæргъæй-дæргьмæ обауы хуызæн зындис æмæ йæ ердойæ цъæх фæздæг зилдух кодта. Фæлæ цы хабар у, уый? Фæхæстæг сæм кæнынц æмæ... — Зæлинæ, ды ма дзæбæхдæр байхъус, кæуын мæ хъустыл уайы, æви зарын. — Æмæ дуары авджы 240
зыхъхъыр тынгдæр байгом кодта. Æви мæ мæ хъустæ сайынц? — бафарста Данел. — Мæнмæ дæр цыдæр ахæм уынæр хъуысы, фæлæ сыл кæд цыфæнды зиантæ æрцыд, уæддæр ахæм богъæй кæуынмæ сæхи куыд æруадздзысты. Уæдæ заргæ кæной, уымæн дæр уæвæн нæй, ахæм зын’сахаты. Æрра кæцæй сцадаиккой? Уæтæры уынæр гуыффæйы бадджытæм хуыздæр хъуысыдис æмæ зарæг уыд, уый бæлвырд æвзæрстой, стæй æвзæрстой, ирон зарæг кæй нæ у, уый дæр. Фæлæ цы хабар у, уый не ’мбæрстой æмæ кæрæдзимæ дисы ракæс-бакæс кодтой. Лæгдонмæ фæндаг чъылдымырдыгæй бацæуы æмæ æрбацæуæг нæ зыны, мидæгæй дзы чи ис, уымæ. Уымæн нæ рауадысты фиййæуттæ сæ размæ. Сæ машинæйы æрбацыд та сын сæхи араллойæ пæ бамбæрстой. Фæлæ сæ уыцы разгъордтытæ æмæ цинтæ дæр пал хъуыдысты. Кастысты æмæ уыдтой: æнæхъæн тъæпæнтæ чи ахста, уыцы уæтæры фос лæууынц, чысыл чъизитæ кæуыл фæзынд, ахæм сæнтурс над митыл. Ныр æмбæрстой, циндзинад лæгдоны цæй тыххæй ис, уый ■— фыдбылызæй фервæзтысты. Фæлæ куыд æгъдауæй, уый ничи зыдта. Æмæ оæ уый зопын уыйбæрц дæр ницæмæнуал хъуыди, быдыры дзаг дзугтæ митыл лæууыдысты æмæ уый уыдис сæйраг хъуыддаг. Мидæгæй та бæзджын рæсугъд хъæлæстæй зарыдысты гуырдзиаг зарæг «Чемо цици Нателла». Æзæццæгæн сын уыдон исты æрхъуыды кодтой фыдбылызæй фервæзынæн æмæ сын куывд сарæзтой. Горный, Зæлинæ æмæ Хасмсл разæй, афтæмæй араст сты æнцад, уазæджы уæздан цыдæй. Уыцы рæстæг Даут дуар фегом «одта æмæ джихæй аззад. Иæ къухы цы сгуыйы стæг уыдис, уый дардмæ фехста (дуар дæр уымæн фегом кодта), æмæ мидæмæ пæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: — Баба, мæнæ нæм диосаджы бирæ уазджытæ! — æмæ йæхæдæг уазджытæн æгасцуай зæгъынмæ фæци. Лæгдоны чи уыдис, уыдон сæ кæрæдзийы фæдыл рахызтысты, семæ гуырдзиæгтæ дæр. Фæлæ дзы Зæлинæ нæ федта Алтеджы æмæ цæмæйдæр фæтарст... «Ацы бадты та кæд нозтмæ йæхи нæ баурæдта... Уæдæ 16 Адæм адæм сты 241
кæм ис? Уæртæ дыууæ æрыгон мызыхъхъарæзт гуырдзиаг лæппуйыл цыбыр рихитæ, фæлæ сæ æртыккаг, бæрзондгомау лæппу мæлæты даргъ рауагъта йæ рихитæ». Уыцы хъуыдыйæ йæ фæхицæн кодтой, йæ къух ын чи иста, салам ын чи лæвæрдта æмæ салам дæттын кæмæн хъуыд, уыдон. Уалынмæ йæм æрбахæццæ даргъ рихиджын лæппулæг дæр æмæ йын йæ къух райста, стæй сдзырдта: — Æгас нæм цу ды дæр, Зæлинæ! — Гъихъ! — зæгъгæ, æвастхъæр .сирвæзт Зæлинæйæ, фæлæ уайтагвд йæхи фæурæдта æмæ сабырæй загъта: — Уый ды куы дæ, Алтег! — Æз бæргæ дæн, Зæлинæ, кæд мæ нал базыдтай, æндæр, — æмæ йæ рихитæ куыд фезмæлыдысты, уымæй бæрæг уыд, йæ мидбылты кæй бахудт, уый. — Æмæ дын ахæм рихитимæ базонæн куыд ис? — йæхæдæг комкоммæ хæрдмæ кастис Алтеджы даргъ, лыстæг къæбæлдзыг, бæгæныхуыз рихитæм æмæ йæм бынмæ кастысты, сыгъдæг, æнцад, æмбаргæ, уарзæгой цæстытæ. Дарддæр аныхас кæныны фадат сын нал фæци. — Цæй, æгъгъæд у уазалмæ сийын, æнæуи дæр цыбыр фæндагыл нæ рацыдыстут, æмæ ныссалдыстут. Ацæут мидæмæ æмæ уæ мах сбуц кæнæм нæ арты æмæ нæ зæрдæйы хъармдзинадæй,— уайтагъд фæсидти уазджытæм Ботас. Æмæ разæй мидæмæ бахызт Иван Андреевич, уый фæстæ æгъдаумæ гæсгæ разæй бауагътой гуырдзиаг уазджыты, стæй Хасмел Ботасæн загъта, ныр та ды ацу, хистæр дæ, зæгъгæ, æмæ уый куы бацыд, уæд иннæтæ дæр йæ фæдыл араст сты. Зæлинæйæн Алтеджы раз бирæ лæууынæн æфсон кæй фæцис, уый йæм хорз фæкаст. Фæлæ сæ даргъ фæйнæджытæй конд фынгыл куы бадын кодтой, уæд цæмæйдæр фæтыхст, фефсæрмы. Фæлæ уайтагъд фембæрста — афтæ куы дара йæхи, уæд ыл фæгуырысхо уыдзысты æмæ æрбадт, цыма йæ зæрдæйы ницы фæйлыд уыдис, афтæ. Данелы фæндыд, Алтегимæ кæрæдзиуыл хуыздæр фæцинтæ кæнын, фæныхас кæнын. Фæлæ æмбæрста, 242
Зæлинæйæ йæ фæиртасын хорз кæй нæу æмæ уал йæхи иуварс дардта. Зæлинæ нырма ныр бамбæрста, фынгылбадджытæ хъæлдзæг нозтджын кæй уыдысты, фæлæ Алтег нозты хъæстæ дæр кæй нæу. Æви йын йæ нозтхуыз даргъ рихитæ æмбæрзынц? На, йæ нозт-иу æппæты тынгдæр йæ цæстытæй зындис æмæ уыдон ныртæккæ сты рæсугъд, сыгъдæг. Бадæнтæ не ’сфаг сты æппæт адæмæн æмæ кæстæртæ лæугæйæ баззадысты. Фæлæ гуырдзиаг уазæг, пæхи куыд рахуыдта, афтæмæй Иракли, æвæццæгæн, царды хорз хæлар, бадты хъæлдзæг адæймаг чи у, ахæм арæзт æмæ загъта иронау тынг гуырдзиаг здæхтæй: — Лæугæ цæмæн, лæугæ? Хуыссæны тæрхæджытæ ис æмæ уым сбадæнт. Æмæ æцæгдæр тæрхæджытыл куы рабадтысты, уæд се ’ппæтæн дæр бадæн бынæттæ сфаг. — Цæй, Ботас, ацы диссæгтæ куыд рауадысты, кæцæй сты уæ дзæбæх уазджытæ æмæ куыдтæ цæрут, уыдæттæ нын рахабар кæнут, — бафарста Хасмел. — Дæ разы уал ма нын уе ’мбæлæггæгтæ ануазут, фæндагæй ныртæккæ чидæриддæр æрбацыд, уыдон, стæй фендзыстæм, — загъта Ботас æмæ Даутыл фæхъæр кодта: — Марадз, гормон, фæндагыл ныссалдысты æмæ сæм фæйнæ сыкъайы авæр, кæд сæ бахъарм кæнид! Дзæбæх сæн у. — Стæй Дауты иннæ хæттытæй уæлдай лæмæгъ æвналгæ куы федта, уæд ын бауайдзæфгæнæгау кодта: — Цæй зивæггæнгæйæ æвналыс уый, Бæнпу, цы дыл æрцыд? Дзуапп ницы радта Даут, афтæмæй рæвдздæр æвналыныл архайдта, фæлæ иннæ хæттытау рæвдз нæ уыд йæ февнæлд. Уый бафиппа-йдта Данел дæр æмæ Дауты къухæй тыххæй исæгау бакодта сæны дурын. — Æри-ма, абондæргъы фæлæууыдтæ, æвæццæгæн, æмæ ма куыд уа де ’внæлд тагъд! Стæй нырма чысыл лæппу дæ, кæд фæскомцæдисон секретартæ æмæ æндæртæ уыдтæ, æмæ хистæртимæ цæуын райдыдтай, уæддæр. — Æри мын æй мæхимæ! Ды уазæг куы дæ, уæд æй дæумæ дæттын? — Гъæйтт, мæ худинаджы бон куыд æрцыд! Уый мæ 243
куыст куы у, уæд æй æндæртæм цæмæн дæттын, — фæхъæр кодта Алтег æмæ фестад, фæлæ Данел дурын зæххыл авæрдта, йæ къухтæ йæ сæрæй уæлдæр систа æмæ сæ цъыччытæ кæнын æввонг æркодта. Алтег фембæрста, кæддæры дыууæ цъыччы йын кæй мысын кодта, уæлдай тæлфт куы кæнай, уæд дæ æрсабыр кæндзыстæм, зæгъгæ, уый æмæ сывæллонау æнæрхъуыды кæл-кæл ныккодта. Уыцы цъыччыты ха<бар чи зыдта æмæ дзы йæхæдæг архайæг чи вæййы, фæсивæды фылдæр ахæмтæ уыдысты æмæ уыдонæй дæр бирæтæ хъæрæй ныххудтысты. Фынгтæ ногæй æрыдзаг кодтой, фиййæуттæм цы бæркад вæййы, уымæй: сгавыры дзидза стыр фæзгъæртæй, турæ, физонæг, ирон нард цыхт стыр кæрстытæй æмæ æппæтæй диссагдæр та фиййауы конд донгонд урс-урсид дзул уыцы адджынæй. Æмæ фынджы хъæлдзæгдэинад ног уазджытимæ дарддæр тыхджындæрæй анхъæвзта. Æмбæлæггæгтæ куы анызтой ног æрбацæуджытæ, ртæй уыйфæстæ «сæ къухтæ куы бавæрдтой» фынгыл бадджытæ уымæй размæ ,цы сидтытæ рауагътой, ууыл, уæд та Хасмел бафарста: «адæттæ цы хабæрттæ сты», уымæй. Иууылдæр ныхъхъус сты æмæ уæд Ботас йæхæдæг лæмбынæг дзурын райдыдта хабæрттæ суанг уазал дымгæ куыд кодта, æхсæвы радгæс куыд бафынæй, йæхæдæг, етæй Алтег куыд рацыд æмæ æдл^ арф мит куыд раййæфта æмæ ноджыдæр куыд уарыд æмæ уарыд, уыцы хабæрттæ. — Боны кæсæм æмæ нæ дзуг, нæ хъæуы мулк миты бын кæнынц æмæ сын фервæзын .кæнынæн хос ницыуал уыдис. Иу фысы рагъæй мит акал æмæ йын йæ алы фæрсты мит дæ къæхтæй нæмын райдай..-. Æмæ уый иуæн, фæлæ æнæхъæн дзугæн цы бакæнæн ис? Фиййауы нымæт та афтæ стыр нæу æмæ дзы арвæн бамбæрзæн нæй. Стæй ехсыты къæрццыты хабар радзырдта. — Æрмæст æй иу ныхасæй чысыл афхæрдтон æмæ мын æй бахатыр кæнæд. Уыцы ныхас цалынмæ кодта Ботас, уæдмæ йæ сæр ныггуыбыр кодта Алтег æмæ йæм Зæлинæ иуварсырды241
гæп каст æмæ æмбæрста, æппæлгæ дзы кæй кæнынц, уымæй куыд тыхсы, куыд æфсæрмы кæны, уый. «Цæй сыгъдæг у, цæй рæсугъд у, цæй хъаруджын у»,—хъуыды кодта Зæлинæ. — Цæй ма ныууадзут сæ, Берлин, миййаг нæ байстон æмæ рейхстагыл сырх тырыса æз нæ ныссагътон,— æфсæрмыйæ бустæгæыæгау дзырдта Алтег, Ботас дзыиу æппæлыныл куы фæцис, уæд æмæ-иу йæ цæсгом бынтоп ныссырхи. Йæ ныхас куы фæцис Ботас, уæд Хасмел чысылгай йæ бынатæй сыстад æмæ арасти Алтеджырдæм. Уымæ цæуы, уый бамбæрста æмæ сыстад Алтег дæр. — Зонгæ йæ кодтон æз, æцæг лæгты æхсæн дæ бынат кæй бацахсдзынæ де ’стыр хъаруйы фæрцы, — загъта Хасмел æмæ йæ хъæбысы æрбакодта Алтеджы, йæ сæр ын йæ сæрмæ нылхъывта. — Уæуу, мæнæ диссаг! Хуыцауы хатырæй, кæм фесгуыхтæн? — æфсæрмæй дзырдта Алтег. Иракли сыстад, дынджыр сыкъа систа æмæ загъта: — Мæн тамада кæм скодтой, уым та иу ныхас зæгъын- Зæгъгæ та ахæм иыхас кæнын æмæ мах банызтам, ацы цины бон ныл кæй тыххæй скодта, уыцы хъæбатыры цæрæнбоны тыххæй, ам ахæм адæймаг нæй æмæ йæ цæрæнбоны тыххæй сæрмагонд бануазын кæмæн нæ хъæуы, æмæ уыдоны дæр баййафдзыстæм, фæлæ мæн фæнды, уидæгтæ æмæ уал къабæзты тыххæй куы баназиккам, уый. Цавæр уидæгтæ æмæ къабæзтæй загъта, уый ничи æмбæрста æмæ йæм уыйбæрц æнувыддæр хъуыстой, фæлæ дуарырдыгæй уынæр куы ссыдис, уæд Иракли дæр йæ ныхас фæуагъта. Адæм уыцырдæм акастысты æмæ федтой: дыууæ гуырдзиаг лæппуйы егъаугомау сæны боцкъа хæдзармæ æрбацæйтылдтой. Уыцы лæппутæ лæгдопæй рацыдысты, уазджытæ куы æрцыдысты, уæд æмæ куыд фæфæсаууон сты, уый зонгæ дæр ничи бакодта. Фæлæ сæ Иракли куы ауыдта, уæд фæхъæлдзæгдæр, бахудти йæ мидбылты æмæ загъта: — Уæ, уæ рынтæ уын бахæрон! Уæ, уæ низтæ мæ низтæ фæуой! — æмæ дарддæр йæ ныхас кодта. — Æмæ мæн фæнды уидæгты æмæ уал къабæзты тыххæй 245
куы баназнккам, уый. Тулдзæн йæ фарсмæ тулдз куы сæвзæры йæхи мыггагæй, рæзынтæ куы байдайы æмæ зæронд тулдзыйас куы свæййы, уæд æм миназдзыд тулдз сæрыстырæй кæсы, ома йæ мæлæтæй фервæзын кæна, уый тыххæй нæ. Фæлæ искуы куы æрфæлдæха, уæд æрыгон тулдзы бын лæудзæнис йæ буар æмæ йæм уый хур дæр нæ уадздзæн, уарыны æртах дæр æмæ ма йæ буар бирæ фæцæрдзæн. Ныхасы адæм æм-иу æрцæудзысты, сбаддзысты йьгл-иу æмæ сæ цардæн фæрныг уынаффæтæ кæндзысты. Æз Ботасæн кувын, куыд не ’рфæлдæха, фæлæ ма бирæ азты афтæ фидарæй куыд кæса, йæ фарсмæ цы ног тулдз рæзы (йæ сæры æнкъуыстæй ацамыдта Даутырдæм), уый къабæзтæ ноджы тыхджындæр куыд кæнынц, уымæ куыд фæкæса. Уидæгтæ куыд вæййынц, афтæ вæййынц къабузтæ дæр æмæ бануазæм Ботасы æмæ Дауты цæрæнбоны тыххæй. Ботасы мах рагæй зонæм æмæ йæ зонæм, алкæмæн дæр баххуыс кæнын йедтæмæ хъыгдаргæ кæй никæйы бакодта, уый. Уымæн барвыста махмæ, сыхаг гуырдзиаг уæтæрмæ, фæдисы сахат. Фæлæ йæ къобор Даут æрвитын куы нæ бакуымдтаид, мæн гуырдзиаг уæтæримæ ницы хъуыддаг ис æмæ йæм лæджы \мбæрц миты нæ фæлæгæрддзынæн, зæгъгæ, уæд хабар махмæ нæ бахæццæ уьгдаид. — Ноджы йæ уыцы тыхстæй нал фæхъуыды кодта æмæ фистæгæй алæгæрста, бæхыл ацæуыны бæсты, — йæ ныхас баппæрста фиййæуттæй ну. — Цæрæд амондимæ... Хабар мыл куы сæмбæлын кодта, уæд æз арвыстон дыууæ колхозмæ ахæм дзырдæй æмæ цæмæй алы ног колхоз дæр арвита фидиуджытæ дыгай колхозтæм... Цæй, мæ ныхас æгæр ныддаргъ, бирæ цард хуыцау раттæд тыхджын уидаг Ботасæн æмæ йæ тыхджын къабаз Даутæн. Бануазæм сын сæ цæрæнбоны тыххæй нæхимæ гуырдзиаг колхозон сæнæй... — Алтеджы хорзæхмæ бадæттын хъæуы, — фехъуыста ма Зæлинæ æмæ Алтег кæй фæсырх, уымæй бамбæрста, уый дæр уыцы ныхас кæй фехъуыста. Хъæлдзæг æмæ хорз ахаста бадт суанг æхсæвмæ. Гуырдзиаг æмæ ирон зарджытæ, ирон æмæ гуырдзиаг кæфтытæ... йæ уæнгтæ рызтысты æмæ уæззау кодтой, 246
æппындæр йæ сæрæн нал уыд, фæлæ сæ цæгъдынхъуаг нæ ныууагъта Даут. Райсомæй ма стгæ скодта лæппу, фæлæ йæ буар рыстис æмæ йæ хуыссæн йæхимæ ласта: — Цыдæр фæллад æмæ рыстхуыз дæ? — бафарста йæ Алтег. — Ма фæрынчын у? — Куыддæр мыл тæфсæгау кæны, фæлæ, æвæццæгæн, ницы тæссаг у. — Зæлинæ, мæнæ Даут, æнхъæлдæн, æнæфæразгæ у, — бадзырдта Алтег мидæггаг уатмæ. — Уанцон нæу! Æмæ хъуамæ цы кæны? Æццæй, цы дæ риссы? — Ницы. Уый мæнæ Алтег цъиувæдис кæны, æндæр мын ницы у. Чысыл мыл тæфсæгау кæны æмæ банцайдзæн. — Æмæ рынчын дæр куыд нæ кæна? Лæджы æмбæрц миты лæгæрдгæ ацыдис, бæхыл сбадыны бæсты. — Бæхыл ардыгæй ардæм? Æртæ километры? ■— мæллæг худт бакодта Даут. — Уый хус рæстæджы у «ардыгæй ардæм», фæлæ мит лæджы сæрты куы кæла, уæд та йæм бæхæй цæуын хъæуы. Куы æрбаздæхтæ, уæд ма дæ дарæсæй хус гæбаз кæм баззад, — бауайдзæф кодта Ботас йæ фыртæн. — Хæдзар афтæ уазал нæу æмæ м-а дæ кæдæттæ феппар, æз дæм байхъусон, — загъта Зæлинæ. — Уæуу мæнæ... Ницы мын, зæгъын, у. Тæфсæг у æмæ ацæудзæн. — Феплар, феппар дæ дзаумæттæ æмæ дæм байхъусон. Дохтыр ды нæ, фæлæ æз дæн æмæ хъуамæ æз равзарон, цы низ дæм ис, уый. Æвæндонхуызæй раласта Даут йæ хæдæттæ. Йæ цонджы нарæгыл ын ныххæцыд Зæлинæ, пульс бæрæггæнынмæ æмæ йæ сахатмæ кæсгæйæ загъта: — Дæ буар тæвд у æмæ уый дæр ныртæккæ фендзыстæм. Бæрджытæгонд куы фæцис рынчыны, уæд Зæлинæ æнкъардæй загъта: — Уазалæй йæ рæуджытыл цыдæр æрцыд. Тагъд æй ахæццæ хъæуы рынчындонмæ. — Ницы ацæудзынæн æз. Мæн институтмæ цæттæ 247
кæнын хъæуы мæхи Пван Андреевнчимæ æмæ мын æнæхъæн аз куыд фесæфа, уый дæ фæнды. — Ныртæккæ уал дæ фервæзыныл ныхас кæнын хъæуы, æндæр дын ахуыр дæр никуыдæм аирвæздзæн. — Æз никуыдæм цæуын, — бустæгæнæгау загъта Даут. — Уый та куыд никуыдæм у? — фæрсырдæм æм бакаст Дзибус. — Дохтыр цы зæгъа, хистæртæ цы зæгъой, уый ныхмæ дæр ’ма-иу фæдзурынц, æви дæм куыд кæсы? Чысыл рæстæджы фæстæ машинæ тахтис хъæумæ, кабинæйы бадтис Даут. Кастис размæ, фæлæ уынгæ ницы кодта. Йæ цæстыты размæ сырх зиллæччытæ тахтысты æмæ йæ иицы уынын уагътой. 6 Цнны хабар сæмбæлдис Гæбæтийыл, Мæокуыйæ нæм хабар ссыдис, зæгъгæ, Валяйæн нервыты низты институты бынат сцæттæ кодтой. Куыддæр писмо райста, афтæ йæ чызгмæ ацыдис. Фæзынди ныфс æмæ цавæрдæр цин Валяйы цæстыты дæр. Дзибусы бынаты кæй не ’рæййæфта, уый цымахъуыддаг фæзындæр кодта, афтæ фæкаст Гæбæтимæ. Бафæрсын æй хъуыди бæргæ, фæлæ рæстæг нал ис. Бынатцы бон суæгъд уыдзæнис, уымæ дыууæ боны йедтæмæ нал ис, æрмæст фæндагæн чи бахъæудзæн, уыцы дыууæ боны. Афоныл ма сæмбæл, уæд та бынат æндæр искæмæн куы радтой, уымæй тас у. Чысыл ис уыцы быиатмæ чи æнхъæлмæ кæсы, ахæм рынчынтæ? Ацыдис Дæгкамæ, æрбакодта йæ Буцинæтæм æмæ уым иумæ бауынаффæ кодтой: куы ма федтаид Дзибус Валяйы, уæд бæргæ хуыздæр уыд. Буцинæ йæхимидæг дæр афтæ уынаффæ кодта, фæлæ ныхасы нæ бацыдис. Аласут æй куы зæгъа æмæ йæ Валя йæхинымæр афтæ куы бамбара, зæгъгæ, дзы сфæлмæцыдис æмæ йæ тагъддæр куы адде кæнид, ууыл архайы. Æрмæст загъта: — О, кæд йæ бынатæн фесæфынæй тас у, уæд æй афоныл ахæццæ кæнын хъæуы. Дард у Мæскуы, фæлæ дæ уырдæм дæр бæрæг кæндзыстæм. 248
Æнæзивæг æмæ уыцы рог рацыдис Валя машинæмæ. Хъæлдзæг уыди йæ зæрдæ, æппынфæстаг ын хос кæм окæндзысты, ахæм бынат кæй фæзынди, уымæй дæр æмæ фыццаг хатт стыр Мæскуымæ кæй цæуы, уымæй дæр. Сæ чындзæхсæвы фæстæ бауынаффæ кодтой Дзибусимæ Мæскуымæ ацæуын, æрзилын æмæ дзы диссагæй цы ис, уыдæттæ се ’ппæт дæр фенын. Фæлæ куы фæрынчын, уæд ма ацæуынæн фадат кæм фæци. Ныр рынчындонæй æнæнизæй куы рацæуа, йæхи къæхтыл фидарæй, уæд фæсиддзæни Дзибусмæ, уый йæм ныццæудзæн Мæскуымæ æмæ фендзысты Мæскуы, цас сæ фæнды,, уыйбæрц! Горæтмæ рагацау æрхæпдæ сты. Поезд та расткодта изæрæй æмæ Валя цæмæндæр æпхъæлмæ каст — Дзибус хъуамæ фæзына. Куыд дæсны дæ уарзаг зæрдæ! Базыдта йæ. Валя машинæйы уынæр куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста — уый уыд Дзибус. Æппындæр æй нæ фæндыдис æнæ Дзибусы фенгæ ацæуын. Дзибус ныллæууыдис, Валяйы мæхæдæг ласын, зæгъгæ, фæлæ йæ нæ ауагъта Гæбæти: — Ныртæккæ дæуæн цæуæн никуыдæм ис дыууææртæ боны æмгъуыдæй дæр. Уалдзæг уын æрбацæуы æмæ иннæ хæттыты хуызæн уалдзæг нæу, цалынмæ фæцалх уат, уæдмæ уын тынг зын уалдзæг уыдзæн. Æз та куыстæй мæхи ракуырдтон æмæ ма ныр мæ мæцъæлтæ мæхи зæгъон. Рæстæг дын кæд уа, уæд æй фæлтау уыйфæстæ бабæрæг кæидзынæ. Валя хъуыста æмæ æмбæрста, йæ фыд раст кæй у, фæлæ «йæ æнæуи та тьгнг фæндыдис, Дзибус йæхæдæг куы ацыдаид йемæ. Поезды арастмæ бирæ рæстæг нал баззад. Валя хорз хъуыды дæр нал кæны, йæ фæстæ чи рацыд æмæ йын цытæ дзырдтой, уый: архайдта нæ кæуыныл, фæлæ уый хыгъдмæ ницы æмбæрста... Ныр поезд тæхы размæ æмæ хæссы Валяйы сæнттæ рухс бонтæм, низæй куы фервæздзæн æмæ ма уæздан ирон кафт кæд скæндзæн, уыцы бонтæм. Кæд æй бынтон нæ уырны, уæддæр кæй адзæбæх уыдзæнис, ууыл ын æнæууæндгæ нæй. Уый йæ тынг æхсызгон хъæуы. Ау, стыр Мæскуыйы дохтыртæ Валяйы чысыл низæн ницы хос ссардзысты?! 249
Мæскуыйы йæ фыдæй куы фæхицæн ис, уæд Валямæ фыццаг хатт афтæ фæкастис, цыма дунейæ фæиппæрд бынтондæр æмæ цæры æнцæгæлон адæмы æхсæн, чи йæ нæ зоны, кæй ницæмæн хъæуы, ахæм адæмы æхсæн ис, æмæ кодта æнкъард, æнтъыснæг. Иу рæстæг æм фæсмон дæр æрцыдис, йæхи ласын кæй бауагъта, уый тыххæй, фæлæ уыцы хъуыдытæн дыккаг-æртыккаг бон сæ фæд дæр нал уыд. йæ фарсмæ цы чызг хуыссыдис, уый диссаджы хъæлдзæг ныхасгæнаг æмæ хæларзæрдæ адæймаг разынди. Хæсты рæстæджы чысыл чызгæй бом-бæ кæм фехæлд, уырдæм хæстæг бахаудта æмæ дзы кантузи фæцис. Уæд æй сдзæбæх кодтой, фæлæ йæ æрæджиау æрцахста паралич. Бомбæты аххос уыд æви нæ, уый чи зоны, фæлæ чызгæн йæ рахиз фарс бынтондæр ныкъкъæдзтæ, афтæмæй йæ æрбаластой институтмæ. — Ныр бынтон æндæрхуызон дæн, кæс-ма, — æмæ уыцы иу раст акæны йæ къухтæ, æнæниз адæймаджы хуызæн ацæуы палатæйы дæр. Цæй амондджын у! Тагъд, дам, мæ нæхимæ рафысдзысты, зæгъгæ, зæгъы, афтæмæй бирæ дæр нæ фæхуыссыд рынчындоны. Афæдзмæ дæр куы сдзæбæх уаид Валя, æрмæст ма дзæбæх куы суаид. Профессор æй фыццаг бон куы федта, æмæ-иу æй уыйфæстæ куы уыдта, уæддæр ын никуы ницы зæрдæ бавæрдта, йæ низ сдзæбæх кæныны тыххæй. Нæ дæ сдзæбæх кæндзыстæм, зæгъгæ, дæр нæ загъта, фæлæ Валяйы зонын хъуыдис, зонын æй фæндыдис, йæ низы кæрон цæуыл æрæнцайдзæн, уый, æмæ йын уыцы ныхас нæ дзырдта. Фæлæ йæм цалдæр боны фæстæ профессоримæ академик æмæ ма цавæрдæр дыууæ дохтыры куы бацыдысты æмæ йæ бирæ расгар^басгар куы фæкодтой, уæд æм зæронд академик йæ хуыссæнмæ мидбылты бахудт æмæ йын загъта: — Кавказаг рог кæфтытæ бирæ уарзтай? Валя йæм хæрдмæ скастис, тæригъæды тыххæй йын зæгъы уыцы ныхас, æви йын зæрдæ бавæринаг у, уый базоныны тыххæй. — Адæм сæ уарзтой æмæ сæ уарзтон æз дæр, фæлæ сæм ныртæккæ, æвæццæгæн, æрмæст кæсгæйæ баззадтæн. 250
— Нæ, мæ чызг, ардæм кæм æрцыдтæ, махмæ, уым дæ афтæмæй нал ауадздзыстæм, цалынмæ ехх-мардзæ, зæгъгæ, кавказаг лезгинкæ кафынмæ сбæззай, уæдмæ. Стæй дæ, æвæццæгæн, бирæ рæстæг дæр нæ фæдардзыстæм нæхимæ, æццæй? — зæгъгæ, иннæ дохтыртæм фæрсæг каст бакодта æмæ йын уыдон дæр сæ сæрты тылдæй дзуапп радтой, æцæг афтæ у, зæгъгæ. Цæй цин кодта Гæбæти, дыккаг райсом æм куы æрбацыдис æмæ йын йæ хабар куы ракодта, уæд. — Съеныр мæ нал хъæуыс, дзæбæх мæ кæнынц сæхæдæг, ды мын ницуал фæахъаз уыдзынæ æмæ мауал лæуу, нæхимæ цу, дæ бирæ хъуыддæгтæ дæм æнхъæлмæ кæсынц. Стыр куыстытæ ныууагътай. Не ’сразыуæвынмæ хъавыдис Гæбæти йæ чызгимæ, фæлæ куы ахъуыды кодта, уæд æй бамбæрста, æцæг йæ лæуд уыйбæрц кæй ницæмæнуал хъæуы æмæ сразы. Дыргътæ æмæ йын æндæр ахæм хæринæгтæ бадæттын хъæуы алы райсом дæр, фæлæ йын уый бакæндзысты, куы-иу æй бафæнда, уæд институты рынчындоны кусджытæ сæхæдæг, уымæн та йæ ацыд æцæгдæр дæсныдæр хъуыддаг у. Куыстытæ хорз цæуынц, фæлæ куы фæкъуылымпы уой иу хатт... Гъе афтæмæй ацыдис Гæбæти. Валяйæн та йæ тас æмæ катап йæ зæрдæйы баззадысты. 7 Йæ рустæ йæ къухтыл æруагъта, йæ рæмбыныкъæдзтæ стъолмæ æрбыцæу кодта, афтæмæй æнкъардæй бады райкомы зонæйы секретарь Сандыр æмæ хъуыды кæны. МТС-тæ куы уыдысты, уæд куыст цы пъланыл цыд, уый æмбæрста, фæлæ ныр та цы уыдзæн, кæд МТС-тæ халгæ кæнынц æмæ дзы цы бирæ алыхуызон машинæтæ ис, уыдоны колхозтæн уæй кæнынц, уæд? Сандыр зыдта, зонæйы секретарь кæй нал уыдзæн, уый — цæмæн ма хъæ;уы. Гъе уымæ гæсгæ йæ зæрдæ дзырдта — цы куыстмæ йæ арвитдзысты? Æмæ кусынмæ куы нал бацæуид, уæд та? Бирæ, тынг бирæ фæкуыста, партийыл йæ тæккæ зындæр рæстæджытæ 251
куы кодтой, уыцы бонты дæр. Ныр афон у зæрондырдæм фæллад суадзыныл ахъуыдыйæн дæр. Пенсимæ куы ацæуид, уæд куыд уаид? Фæлæ ма йæхимæ куыстæн хъарутæ хаты æмæ сæ цы фæкæндзæн уыцы хъарутæ? Нæ, дæлдæр бынатмæ йæ арвитой, уый та йæ сæрмæ не ’рхæсдзæнис. Зонæйы секретарæй йæ куы фидар кодтой, уæддæр æм йæ аккаг куыст нæ фæкаст, йæ хъарутæ цас сты, уымæй йын цыма бирæ къаддæр куыст дæттынц, афтæ хатыдта йæхи, фæлæ цæмæн? Цыма дзы чидæр йæ маст исы æмæ йæ уыцы куыстмæ уымæн æрвитын кæны, ахæм хъуыды дæр æм фæзындис. Фæлæ хъуамæ чи уыдаид, чи рацыдаид йæ ныхмæ, уый агургæйæ-иу куы ранымадта, хъуыддаг кæй къухы ис уыцы адæмы, уæд дзы никæуыл гуырысхо кодта, нæ дзы ардта уыйбæрц ницæйаг ми йæ оæрмæ чи æрхæсса, ахæм. Зонæйы секретарæй куы акуыста, куы базонгæ йемæ, уæд æм уый дæр фæкастис æппæт иннæ куыстыты хуызæн бæрпон æмæ кадджын куыст. Чи зоны, æмæ йæ быцæутæ раст нæ уыдысты колхозы сæрдартимæ дæр æмæ директор Дæгкаимæ дæр, фæлæ уый абон дæр афтæ хъуыды кæны, кæд рæдигæ кæны, уæддæр, зæгъгæ, фæстæзад колхозтæн размæ ракæнæн ис, æрмæст сæм МТС-ты хъаруйæ тынгдæр фæкæсгæйæ, тыхджын колхозтæ сæхæдæг дæр цæудзысты размæ. Уымæн та йын Хасмел æппынæдзухæй дæр афтæ дзуры, зæгъгæ, раззагдæр колхозтæн нудадзыг дæр æххуыс кæнын хъæуы, сæ размæ цыд къуылымпы куыд нæ кæна, афтæ. Лæмæгъдæр колхозтæн уæд уыдзæн, кæй фæзмынон, уый, æмæ тырндзысты уыцы уæлдæр бынатмæ, æцæг уыдонæн дæр хъæуы зæрдиаг æххуыс. Афтæ хъуыдытæгæнгæ Сандыр йæ кæрц скодта æмæ рацыдис уынгмæ. Зонгæ дæр æй нæ бакодта, афтæмæй бахæццæ Дæгкайы хæдзары размæ. Дæгкайы хæдзар... Нана дзы куы нал ис, уæдæй фæстæмæ йæ афтæ хонын райдыдтой. Худт æмæ йæм хъæлдзæг ныхас райхъуыстысты уырдыгæй, кæрты дуармæ куы æрлæууыд, уæд. Æмæ Сандыр дисы бацыдис, цы сæ хъуамæ афтæ схъæлдзæг 252
кодта? Нанайы мардыл дæр уыйбæрц рæстæг куы нæма рацыди. Æппæтæй тынгдæр дзы Дзибусы худыны хъæр хъуысы. Уый та хъуамæ цæмæн худа? Тæккæ æрæджы куы арвыста йæ уарзон бинойнаджы мæлæтдзаг рынчынæй Мæскуымæ? Æви дзы кæй фервæзт, уымæй барухс йæ зæрдæ. Нæ, афтæ нæ уыдзæн. Бахоста стыр дуар æмæ банхъæлмæ каст. Мидæгæй худын фæсабыр, райхъуыст дуары хъæр æмæ йæ размæ рацыди Дæгка йæхæдæг. Худынвæд ма баззад йæ цæсгомыл! — Уæуу-уа, Дæгка, дæхи дын куы рацæуын кодтон! Дæ бон хорз. — Æгас нæм цу, æгас, Сандыр! Мæхæдæг рацæуон, уæдæ нæм æндæр чи ис?! Адæм сты æмæ сæ куыстыты сты. Æз дæр æнæнхъæлæджы ам фæдæн. Гæбæти Мæскуыйæ ссыдис, Валяйæ хорз хабæрттæ схаста æмæ нæм уыдон хъусын кæнынмæ æруад, афтæмæй æрбамбырд стæм ам. — Валяйæ хорз хабар ис, зæгъыс? Æмæ дзы цы зæгъы уæддæр? — бафарста Сандыр. — Хос ын ис, зæгъынц дохтыртæ, æмæ уый дæр хорз ныхас у зæрдæ фидар кæпынæи. Рацу нæм мидæмæ, Сандыр. — Раст дын куы зæгъон, уæд мæхи зæрды дæр мидæмæ цæуын ис. — Исты ног хабар ис райкомырдыгæй? — бафарста йæ Дæгка. — Ницы. Афтæ мæхи фæндонæй рацыдтæн, зæгъын, цон æмæ Дæгкаимæ аныхæстæ кæнон. — Цом уæдæ мидæмæ, Гæбæти æмæ Дзибус дæр уым сты æмæ сын дæ фенд æхсызгон уыдзæн. Æгасцуайты фæстæ та сæ раздæры ныхас кодтой. Дзибус цыдæр хабар дзырд фæци æмæ ма йыл худтысты, стæй рахызтысты МТС-ы хъуыддæгтæм. Æнæбыцæу ныхас рауайгæ та кæм фæцис Дзибус æмæ Сандыры æхсæн. Сандыр йæ рагон зондыл лæуд уыд æмæ дзырдта, зæгъгæ, машинæтæн сæ фылдæр æмæ уымæй дæр сае хуыздæртæ даргъ рæстæджы æмгъуыдмæ раттын хъæуы лæмæгъдæр колхозтæн. Уыцы ныхас растыл нæ нымадта Дзибус æмæ дзырдта йæ ныхмæ. 253
Фæлæ Сандыр иннæ хæттытау быцæу æндзаргæ нæ кодта, фæлæ-иу сразы ис «чи зоны, æмæ афтæ дæр у æмæ йæм уæд æркæсын хъæудзæн иумæ», зæгъгæ, уыцы хъуыдыйыл. Сандыры тынг фæндыдис, Дæгка æмæ Дзибусимæ аныхас кæнын. Кæддæр се ’хсæн^цы карз ныхæстæ рауадис, уыдон фыдæхæн сæ зæрдæйы куыннæ цæвæрой, фæлæ сæ куыд ферох кæной. Куыст куыст у æмæ дзы æнæ ныхасгæнгæ дæр нæй. Чи дзы карз ныхас рауайы, чи фæлмæн ныхас, фæлæ уыдон иууылдæр вæййынц, æрмæст хъуыддаг хорз цæмæй цæуа, уый тыххæй æмæ Дзибусимæ йæ быцæуы кæроны зæгъгæ дæр афтæ кодта: — Цæй, растдæр куыд уа, уый равзардзыстæм иумæ. Фæлæ быцæу ныхас мауал кæнæм, æнæуи дæр нæм карз ныхæстæ рауадис дæуимæ дæр æмæ уæлдайдæр та Дæгкаимæ, æмæ уыдон дæр, уæ хорзæхæй, уæ зæрдæйы ма ныууадзут хæрамæн, æз сæ куыд нæ уадзын, афтæ. Лæг рæдигæ кæны, уый-иу куы зонид, уæд бирæадæймаг нæ фæрæдиид. Фаелæ йæм афтæфæкæсы æмæ иннæтæ рæдийынц æмæ уыдон рæдыд хъуыды хъуыддаджы куы ацæуа, исты зиан куы æрхæсса, зæгъгæ, лæг тынгдæр уымæй фæтæрсы. — Уый не ’ппæт дæр афтæ стæм, кæм уæм, уым, æмæ ныл худæн нæй, — загъта хъазæн ныхасы хуызы Гæбæти. — Раздæр чи цард, уыдонæн хæрз æнцон цæрæн уыдис, æрмæст сæхи хæдзары уынаффæ йедтæмæ сæ ницы мæт уыдис, раст кодтаиккой, рæдыдаиккой, уæддæр. Æмæ-иу рæдыд дæр æрмæст иунæг хæдзарыл æрцыд. Фæлæ ныр куы æруагъдæуа рæдыд, уæд уый бирæ адæмы фæриссын кæндзæн. Кæд афтæ нæу, уæддæр мын бахатыр кæнут. Æз æфсæддон лæг дæн æмæ знаг уыдис æдзухдæр мæ размæ, уымæн нæ бон цы уыдис мæнæ Дæгкаимæ, уый йын-иу кодтам. Фæлæ ам адæмы цард куыд аразгæ у, уый, æвæццæгæн, афтæ хорз нæ зондзыстæм. Фæлæ мæхæдæг куыд хъуыды кæнын, афтæмæй йæ зæгъын. Иууыл ныхæстæ дæр æмæ йæхи ныхас дæр æнкъард цæуын кæй байдыдтой Сандыры æрбацыды фæстæ, уый бамбæрста Гæбæти æмæ Дæгкайыл бустæгæнæгау схъæр кодта: — Ай цы хабар у, Дæгка, де ’фсин ам нæй, фæлæ 254
æфсинæн йæ къæбиц дæр ам нæй? Ног бинонтæ дын куы ис æмæ ног -бинонтæ сæ еæры хицауы хорз куы фæдарынц, уæд нæ дæ хæдзары сыдæй цæмæн марыс? — Гъеуый раст ныхас у, Гæбæти. — Æгонгæй, Дæгка, дæ хорзæхæй, дæхи ма фыдæнцой кæн. Уый Гæбæти хъазгæ кæны, æндæр æфсины къæбицмæ æвналгæ нæу. — Æмæ æфсин æдзух йæ куысты уа, сæхицæн æхцатæ куса, æз та сæм-иу горæтæй уазæджы æрцæуон æмæ сæм-иу сыдæй мæлон? — Раст у Гæбæти, — загъта Дзибус, — Залханы зæрдæхудты нæ бацæудзыстæм, ахæмтыл мæстыгæнаг нæу. Фæлæ ма мын мæхи бауадз æмææз фæкæсон фынджы хъуыддагмæ. — Æмæ зилæнтæ кæнынмæ куыд фестад, афтæ йын Дæгка, Гæбæтийы хъазгæнæ амæстæймарыны тыххæй, загъта, кæдæмдæр сарайы къæбицмæ амонгæйæ: — Æнæ уыцы «æртахимæ» Гæбæтийæн бадты йæ хъуыддаг куы нæ цæуы, уæд уымæн та -ма цы амал саразæм? — йæхæдæг бахудт. — Дæлæ машинæ кæрты, Дзибус дзы абадæд æмæ дуканийæ æрхæццæ кæнæд. Ды хынджылæг кæныс, Дæгка, фæлæ ирон лæгты фынг æнæ нозтæй куыд сфидаудзæн, уый ма мын зæгъ? Цы сын райхалдзæн се ’взаг? — Цæй, ма тыхс, мæ зæронд хæлар. Залхан арахъхъ кæнын нæма сахуыр, фæлæ дзы йæ къæбиц йе ’дзаг у. Æндæрæбон æм йæ хо бæрæггæнæг æрбауад æмæ хорз хуын æрхаста. — Гъеуый хъуыддаг у, æндæр... — стæй зæрдиагæй бафтыдта йæ хæлармæ дзургæйæ: — Æгæр мыдæй дæр нæ бæззы. Уæдæ ма дзы исчи дыууæ-æртæ килойы уыциу хæрдæн бахæрæд, кæддæра йæ къæхтæ нæ адаргъ кæнид. Нозты та марг ис æмæ дзы дыгайæртыгай литртæ куы ныннуазæм, уæд нын уæдæ хъуамæ цы кæна марын йедтæмæ? — Дæлæ Залхан йæхæдæг æрбацыд æмæ ныр мах æвналын нал хъæуы йæ къæбицмæ, — рудзынгмæ кæсгæйæ, загъта Дзибус æмæ Сандыр федта, Дæгкайы цæсгом куыд фæрухс æрыгон лæппуйы цæсгомау, уый. Разы уыднс Сандыр, ацы фæндагыл кæй рацыд, 255
уымæй. Цалдæр боны иунæгæй æнкъард сагъæстæ фæкодта æмæ цас фылдæр сагъæс кодта, уыйбæрц цыма йæ зæрдæ æнтъыснæгдæр кодта, афтæ йæм кастиФæлæ ныр асыгъдæг сты йæ хъуыдытæ æмæ йын æнцон уыдис. 8 Цæйбæрц куыстытæ ис уалдзæджы размæ! Уалдзæг æнцон вæийы кусын, зьгмæджы æппæт кусæндзауматæ æмæ машинæтæ дæр цæттæгонд куы æрцæуынц æмæ æнæкъуылымпыйæ куы фæкусынц, уæд. Дзибус фенын кодта Данелæн МТС-ы трактортæ æмæ дзы æртæ балхæнын сфæнд кодта. Иннæтæ йæ нæуджытæй балхæнын фæндыди паддзахадæн йæхицæй. Уыйбæрц кусæндзаумæттæн бынæттæ хъæуы... Стæй йын Залхан раст хъуыды загъта, зæгъгæ, дæ бирæ механизатортæ бахъæудзæн æмæ сæ бацæттæ кæныныл ныртæккæ хъуыды кæнын хъæуы. Æмæ уымæн та мах скъолайæ хуыздæр гæнæнтæ кæм ис? Агуырдта иу трактор ахуыр кæиынæн æмæ сæ Данел ахуыр кæндзæн... Фæлæ трактор скъолайæн ахуыр кæнынæн ратт, уый цыма æгæр у. Колхозæн йæхимæ дæр уыйбæрц хъару куы нæ ис, нырма ныр æмбырд кæнынмæ хъавы йæ кусæн тыхтæ. Курсытæм арвыстæуаид лæппутæ, фæлæ Залхан тынг лæууы ахæм хъуыдыйы ныхмæ. Æнахуыргондæй, дам, фæвæййынц ахæм курсытæ, трактор цæмæй æмæ куыд арæзт у, уый нæ фæзонынц, æрмæст æй тæрын базонынц æмæ афтæмæй фæсивæдæй иуæй-иутæ мыггагмæ быптон æнахуыргондæй баззайынц. Раст у Залхан. Фæсивæдыл мæт кæнын хъæуы, сæ фидæныл, ахуыргонд æмæ зондджын куыд уой, ууыл. Уæд сып æнцондæр уыдзæнис цæрын дæр, царды алыхуызон куыст ссарын дæр æмæ сæ кæй фæнда тракторыл кусын, уый та йæ зондзæн сæрæй-бынмæ. Кусдзæн ыл, арæхсдзæн ыл æнæкъуылымпыйæ æмæ трактор цæрдзæн бирæ фылдæр рæстæджы. Дзибус Залханæн загъта, зæгъгæ, сывæллæтты хъæууонхæдзарады машпнæтыл ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый раст у. Фæ256
лæ уæд та афтæ бакæнæм æмæ уал цæуæнт сарамæ, сæ фыццаг трактортæ кæм æрæвæрдтой, уырдæм. Ууыл дæр бынтон нæ разы кæны Залхан. Сывæллæттæ сæ цæстæй цы уынынц, уыцы ахуыры фæрæзтæ хорз сты, бирæ æххуыс кæнынц ахуыргæнæгæн æмæ уæлдайдæр сывæллонæн йæхицæн. Фæлæ сывæллæттæ ахæм фæлтæр сты æмæ цы уынынц, уымæ фæкæсдзысты къуыри, мæй, цы сын зæгъынц, уымæ фæхъусдзысты, стæй сфæлмæцдзысты. Сывæллон æмбары, трактор цæугæ кæй кæны, уый. Куы йæ базонид, уый дæр æй уымæн фæнды æмæ йыл сбада æмæ йыл ацæуа. Афтæ куы нæ уа, уæд та сывæллонæн трактормæ йæ хъус æрдарын кæнын зьгн у. — Мидæмæ ацу, ничи нæм ис, — æрбайхъуыст Дзибусмæ кæйдæр ныхас. Дуар æрбайгом æмæ дзы æрбахызтис Залхан. — Уæуу, мæнæ Залхан! Æз та ма дæуыл хъуыдытæ кодтон ныртæккæ æмæ мæ цыма зонгæ бакодтай, афтæ фæзындтæ. Æгас æрцу, — райста йын йæ къух. — Арфæгонд у. Æз та, æвæццæгæн, дæуыл хъуыдытæ кодтон, æндæр дæм нæ фæзындаин ацафон, — худгæйæ загъта Залхан. Диваныл æй æрбадын кодта æмæйæхæдæг дæр æрбадт. Фыццаг фæрстытæ куы акодтой кæрæдзийы, уæд Дзибус бафарста: — Скъолайы дæ хицау куы скодтой, уæдæй нырмæ ды« сæр фæзилыны бон дæр нæй æмæ нæм дзæгъæлы нæ фæзындаис? — Нæ фæзындтæн, нæ. Не ’скъолайы раз нын иудæс гектары куы раттиккат зæхх, уæд ыл нæ сывæллæтты кусын фæцахуыр кæниккам æмæ афтæмæй кæд быдыры куыстыл фæцахуыр уаиккой. Пълотничы, слесыры куыстытæй сын чысыл цыдæртæ бацамыдта Данел. Уый цавæр адæймаг у! Гуыргæ ракодта, æвæццæгæн,ахуыргæнæгæй. Афтæ арæхсы сывæллæттимæ, афтæ йæ уарзынц æмæ йæм кæд хæлæг нæ бакæнын! Фæлмæцгæ та сæ æппындæр нæ кæны. — Æмæ йæ йæ профессор инстптутмæ куы кæны, уæд та цы фæуыдзысты сывæллæттæ? — бахудт Дзибус. — Æндæр искæйы нын ратдзыстут. Уымæн та йæ 17 Адæм алæм сты 257
ахуыры фæндаг æппындæр къуылымпыгæнæн нæй. Фæлæ дæм зæххы гæбазы тыххæй фæзындтæн. — Залхан, бахатыр кæн, æз ахуыргæнæг нæ дæн. Фæлæ сывæллæтты быдыры куыстыл фæцалх кæныныл æз дæр хъуыды кодтон, æмæ ахæм хъуыдымæ æрцыдтæн: сывæллæттæ колхозонтимæ иумæ куы уой, уæд сын уый бирæ пайдадæр уаид... Залхан бахудт, куыд фæлмæн фæхуды, афтæ. Бакаст Дзибусмæ æмæ загъта: — Уыцы хъуыддагыл æз дæр бирæ фæхъуыды кодтон, фæлæ уый зындæр бакæнæн у. Дард цæуын хъæуы быдырмæ, махæн та нæ фæсивæдæй иутæ райсомæй сæрибар вæййынц, иннæтæ та фæссихор, æмæ цалынмæ дард хуыммæ цæуой, уæдмæ бон аивгъуийдзæннс, кæннод та йæ урокмæ тагъд кæндзæн. Ам нæ разы куы уа зæхх, уæд та йæм кусынмæ ауайæн ис алы сæрибар сахат дæр. Стæй уæд сывæллæтты мах куыд æрæмбырд кæнæм, афтæ бригадирты къухы нæ бафтдзæнис се ’рæмбырд кæнын. Иудзырдæй, мæхæдæг дæр бæлвырд цæуыл æрлæууон, уый нæма зонын æмæ дæм кæд зæхх курæг æрбацыдтæн, уæддæр мæ дæ зонд дæр хъæуы. Дзибус бахудт. — Цы, цы, фæлæ зондæй домбай нæ дæн. Зæхх дын бæргæ ратдзыстæм., фæлæ ды трактор дæр агурыс æмæ дын уый раттын нæ бон нæу. Куыд нæ уыныс, афтæмæй бынтæ кæнын нæхæдæг дæр нырма ныртæккæ байдыдтам. — Бæргæ уæ зонын сымах дæр. Цæй, зæхх нын уæд, æндæр ын исты амæлттæ кæндзыстæм. Ехх-мардзæ, цæй зын у алы ног хъуыддаг райдайын дæр, — ныуулæфыд Залхан, фæлæ уый йæ ныфс кæмæн асаст, ахæмы улæфт нæ уыдис. — Цæй, уæдæ баныхас кодтам æмæ æз цæуон. О, хæдæган, ницы ног хабар дæм ис Валяйæ? — Ног хабар у, фæлæ хорзæй ницы фыссы. — Уанцон нæу. Фыддæр исты фæци? — Фыддæр нæ фæцис, фæлæ йын, æвæццæгæн, ницыма бæлвырд æххуыс кæны, æмæ тьгхсы, йæ зæрдæ катай кæны. — Мæ ныхас мын мачердæм бамбар, фæлæ сылгоймаджы зæрдæ зындæр хъахъхъæнæн у. Ныронг æй 258
кæй нæ бабæрæг кодтай, уый тыххæй дæр истытæ йæ зæрдæмæ хæсдзæн. Дзибус катайхуызæй фестад. йе ’стъолы размæ бацыд. — Ууыл мæхæдæг дæр хъуыды кодтон, фæлæ кæм ис рæстæг, кæцæй дзы ратындæуа иучысыл дæр. — Иу къуырийæн исты амал скæн. Ау, къуыри ма лæг йæхæдæг дæр куы фæрынчын вæййы, кæннод зæрдыг кæндзæн, тыхсдзæн æмæ уый æвзæрдæр уыдзæн йæ низæн. — Цæуын æм хъæудзæн, мæхи зæрдæ дæр æдзух йемæ дзуры. 9 Тынг æй батыхсын кодта низ Дауты. йæ ахуырыл ма хъуыды кодта, уыцы тыхст рынчынæй дæр. Æнæхъæн аз ын сæфдзæни... Фæлæ фæстагмæ йæхи куы æрæмбæрста, уæд сразы, иу аз ма ахуырмæ банхъæлмæ кæсыныл. Æрмæст сагъæс кодта, Иван Андреевичимæ ма фембæлдзысты иннæ зымæджы дæр æви нæ, ууыл. Алтег ациаз бацæудзæн институтмæ. Раздæр фæуыдзæн каст. Æмæ уæд дыууæ фосы дохтыры цæмæн бахъуыд иу хъæуы?.. Цæй, фосы дохтыр уал суæд адæймаг, уый йедтæмæ бынат алы ран дæр ссарæн ис. О, æмæ йæм Алтег уæтæртæй рынчынфæрсæг куы ссыдис Ботасимæ, уæд ын куы загъта: æз фосы дохтыры фæндагыл цæуынмæ нал хъавын, фæлæ хъуамæ зоотехник суон... Фæлæ дзы уыцы ныхас ферох — уæд ма тынг тæвд уыдис йæ буар æмæ дзы ферох, фæлæ ныр уыцы хъуыддæгтыл куы æрсагъæс кодта, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд. Афтæ хъуыдытæ кодта Даут горæты митæмбæрзт бульварыл сындæггай цæугæйæ — кæд лæппу у, уæддæр низ тыхджын у æмæ йæ æрлæмæгъ кодта. Æмæ йæ мады хо (уымæ æрæнцад) нæ уагъта: — Кæд уæлдæфæй улæфынмæ цæуыс, уæд райсом хъæумæ ацæудзынæ æмæ-иу улæф, цас дæ хъæуы, уыйбæрц. Цæмæй зоны мады хо, уыйбæрц æхгæд рынчындоны чи фæвæййы, уый куыд фæфæнды азилын, дунейы фе259
нын. Рагæн цы зоны, уын дæр цыма фыццаг хатт уыны, афтæ йæм кæсы. Суанг цыма арвыл цы æврæгътæ лæсы, уыдон дæр бирæ фæурсдæр сты, цыма копрадзы хуызæн арв дæр ноджы цъæх-цъæхиддæр у, афтæ йæм зынынц. Æмæ алы бандонмæ, алы бæласмæ, алы хæдзармæ дæр уæлдай лæмбынæгдæр каст æмæ хъуыдытæ кæнгæ цыд Даут. Зымæгон бульвары бандæттыл дæр ничи фæбады, цæуæг дæр дзы иугæйттæ йедтæмæ ничи вæййы. Даут дæллозмæ федта æртæ нæлгоймаджы йæхирдæм сцæйцæугæ. Иу, бæрзонд æмæ бæзæрхгуытæ, цыдис галиуырдыгæй. Иннæ, уымæй ныллæодæр, цыдис астæуæй. Æртыккаг, гыццылдæр, сæ фарсмæ цыбыр дзæпп-дзæппæй згъорæгау кодта. йæ размæ куы схæццæ сты, уæд сæм Даут йæ хъус ницы бадардта æмæ дзы никæйы базыдта. Фæлæ гыццыл уыциу хъæр фæкодта: — Хуыцауы тыххæй, Даут нæ дæ? Даут æвиппайды йæ цæстытыл дæр нæ баууæндыд: йæ размæ та лæууы гыццыл, лыстæджытæ Суцца удæгасæй. — Цæй-ма, нал мæ зоныс, Хъестем (ахæм нæмттæ æвæраг уыдис алкæуыл дæр Суцца)? — æмæ Дауты уæхск хæлары цæф æркодта. Зынгæ куыд чысыл кодта, ахæм чысыл нæ уыдис йе ’рцæф æмæ дзы Даут иуварс фæцудыдта. — Суцца куы дæ, уый, — загъта сабырæй дисгæнæгау Даут. — Æз дæн, æз, уæдæ мæ чи хуыдтай? — зæгъгæ, йæм йæ къух бадардта. Æвæндон лæвæрд æм ракодта йæ къух Даут æмæ бафарста: — Æмæ ам цы ми кæныс? — Уæдæ мæ хуыздæр мийæгтæ кæм сты? Мæ райгуырæн Ирыстон у æмæ хъуамæ уым уон, уæдæ кæм? Фæлæ дын дæ дис дæр æмбарын. Дæу хуызæн мæ бирæтæ афæрсынц, дæ хасты æмгъуыд куы нæма фæци, уæд куыдæй суæгъд дæ, зæгъгæ. — Мæнмæ дæр уый диссаг кæсы... — Адæймаджы ахсгæ дæр адæм æркæнынц, уадзгæ дæр æй адæм ракæнынц. Цæй, уыдон та дард ны260
хæстæ сты æмæ сыл æндæр хатт адзурдзыстæм, — йæхæдæг йе ’мбæлттырдæм аздæхтис: — Захар, Дауты нал зоныс, Алтеджы хæлары, æви? — Зонгæ та йæ куыд нæ кæнын, — зивæггæнæгау загъта Захар æмæ йæм хæстæг бацыдысты. — Базонгæ у, Къæдзæх, мæнæ афтæ хъусджынтæй нæу. Къæдзæх уыдис афтид костюмы æмæ уый тыххæй йе ’уæхсчытæ бæрзонд ссыдысты. Бæзджын дра-пæй хъусджын къепкæ (кæддæр ма дардтой ахæмтæ) йæ ныхыл дæллоз конд уыд æмæ йын æппыиæдзух æмбæхста йæ цæстытæ. Æдзухдæр чысыл мидбылхудæгау кодта æмæ хæларзæрдæ адæймагау зындис. Адæймагмæ кастис фæрсырдæм, æфсæрмхуызæй. — Къæдзæх, — йæ ном загъта æмæ аркъæуттæй æлхъивæгау фелхъывта Дауты къух, къухтæ афтæ фæрыстысты æмæ дыз-дызгæнгæйæ аззадысты. Дарддæр та ныхас йæхимæ айста Суцца, серка стыр куиты раз куыд рæйа, уыйау. — Æмæ ма уæдæ ды фыццагау комсомолты бодз вæййыс? — Нæ, ады зымæджы мæхи суæгъд кæнын кодтон æмæ зымæгон уæтæртæм ацыдтæн фиййæуттимæ. — Хорз у уый. Молодец! Гъæйтт, Иры сахъ фæсивæд, размæ, ахуырмæ уын фæндаг нал ис, æмæ та чиныг баивут рагоп фиййауы лæдзæгæй, баивут институтты рухс уæттæ фиййæутты талынг, смаггæнаг ныккæндæй! — Уый дын бынтон дзæгъæл ныхас у, фыдгултæ кæй фæкæнынц, ахæм, — æрбамæсты йæм, фæлæ йын сабырæй загъта Даут. — Виновайтт! — æмæ хынджылæгæй чест авæрдта: —Ды комсомолты вождь куы дæ æмæ, хæдæгай, дæ разы ахæм ныхæстæ кæнæн куы нæ >ис, — æмæ хъæрæй сæлхæры худт ныккодта. — Цæй, уыцы иыхæстæ ныууадзæм. Фæлæ куыдтæ у, цæмæйгы цæры мæ хæлар, Алтег? — Уый дæр мемæ зымæгон уæтæрты ис. — Чи? Алтег дæр фиййау у? — йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта Суцца. — Уæуу, мæнæ Иры фæсивæд æхсæв æмæ боны æхсæн куыд ныдздзæгъæлтæ 261
сты æмæ куыд сæфынц! Гъи! Лæппуты фадауц Алтег æмæ, дам, фиййау ацыд. — Æмæ уый цы диссаг у? Дзæгъæл рацу-бацуйы бæсты фиййау нæ, фæлæ суанг хуымæтæджы куыст дæр кадджындæр у. — Фиййау?! — фæкодта Суцца, æмæ баздæхт Къæдзæхмæ. — Куыд æвгъау лæппу уыдис фесæфынмæ. Ды йæ иу хатт федтай, Къæдзæх, æмæ йæ хорз нæ зыдтай, фæлæ махимæ куы баззадаид, уæд «Чъеборæй» дæр бирæ тыхджындæр уыдаид (æвæццæгæн, сæ балы исчи афтæ хуындис сусæг номæй), фæлæ йæм фаг цæст нæ фæдардтам æмæ фесæфт. — Сæфты хъарæг æгæр раджы ма кæн, Суцца. Афтæ сæфт нæу. Йæхи цæттæ кæны хъæууонхæдзарадон институтмæ æмæ фæззæджы... — Фыстæй — институтмæ, институтæй — фыстæм! — хынджылæгæй загъта Суцца, фæлæ цыма йæ сæры диссаджы хъуыды фæзынд, афтæ фестъæлфыд, æмæ йæ къух кяердаæ фæкодта: — Институтмæ зæгыыс! Уый тынг хорз у. Къæдзæх, ам уыдзæнис, нæ разы æмæ ма йын сраст кæнæн ис. — Кæм ныззылын æмæ йæ цæмæй раст кæныс? — йæ цыргъ æвзаг æм нал баурæдта Даут дæр. — Уыдон нæхимндæг ныхæстæ сты. Фæлæ кæд иумæ фиййау стут, уæд ды ам лрофессоры рацу-бацу цæмæн кæныс бульвары? — Æз фæрынчын дæн уæтæры æмæ ам рынчындоны хуыссыдтæн. — Æстафырæллæх! Рæзгæ фæсивæды фиййæуттæй куыд атæрынц æмæ сæ куыд сахъæттæ кæнынц! Куыд сæ марынц! — Æмæ сæ уæдæ инкубаторы сæвæрой? — йæ маст нал баурæдта Даут æмæ йæ куы ныццæвой, уымæй тас кæй у, ууыл дæр нал ахъуыды кодта. — Æмæ инкубаторты куынæуал цæуой æмæ сæ зæхмæ æрæргъæвын куы бахъæуа, уæд та? Сæхицæн сæ къæбæр агурын хъæуы æви нæ? — Къæбæр агурынæн бирæ æндæр æнцондæр гæнæнтæ ис! — Давын æмæ къæрныхæй цæрын дæр æнцон фæндаг хонынц, кæд тассаг æмæ чъизи фæндаг у, уæддæр. 262
Дауты уыцы ныхас фæцагайдта æртæ лæппуйы дæр. Суанг ма Къæдзæх дæр базмæлыд йæ бынаты. Суцца алырдæм адæммæ ахъахъхъæдтытæ кодта æмæ Даутыл йæхи ныццæвынмæ хъавы, уый куы бамбæрста Къæдзæх, уæд ын æфсæйнаджы къæбæлтау уæззау æнгуылдзтæ йе ’уæхскыл æрæвæрдта æмæ йын сабырæй загъта: — Дæ хæлары рынчындоны нæ бабæрæг кодтай æмæ ныр бустæй æмæ хъæртæй дæхи сраст кæнынмæ хъавыс? Рынчынæн æнæуи дæр йæ нервытæ хæлд вæййынц, ды та ма йæ мæсты кæныс. Уыцы ныхасмæ бынтон иннæрдæм фæфæлдæхт Суцца: — Мæ мард хæрæджы тъæнгтæ бахæрæд, кæд тынг раст нæ зæгъыс, уæд! — æмæ йæ худ зæххыл ныццæвынмæ хъавыд, фæлæ йæ фæстæмæ йæ сæрыл æркодта. — Фæлæ дзы æз аххосджын нæ дæн. Никæцæй йын фехъуыстон йæ рынчыны хабар, йæхæдæг дæр мын ницы загъта, æндæр ме ’рдхорды хуыздæр хæлары æз хуынты бын фæкодтаин, нозтытæ, адджинæгтæ... йедтæ... — Бузныг, ницыхъуаг уыдтæн. Захар æнæдзургæйæ лæууыдис ныронг, фæлæ йæ, æвæццæгæн, ануазын æрфæндыдис уыцы уазалы æмæ загъта: — Æгъдау æрмæст рынчындонмæ нæ фæкæнынц. Рынчын куы рацæуы, уæд... нæ зоныс... — Æмæ цы кæны? — фæцырд Суцца — уæд мын мæ сæр хæйрæджытæ бахæрæнт, мемæ ресторанмæ куы нæ рацæуат. йæ тугæй цы фæхъуаг, мах ын уый ныртæккæ аххæст кæндзыстæм сырх сæнæй æмæ конячыты хуыздæртæй, йæ буарæй цы фæхъуаг, уымæ йын афтаудзыстæм фыдджынтæ, бур физонæг цæх-цæхгæнгæ, Сатанайы загъдау. Цомут! Бирæ йын куы фæдзырдтой æмæ ресторанмæ ацæуыныл куы нæ сразы ис Даут, уæд Захар ахæм уынаффæ бакодта, зæгъгæ, кæд фæстинонæй лæмæгъ у, уæд сæхæдæг ацæудзысты æмæ йын йæ цæрæнбоны тыххæй бануаздзысты. Ноджы бануаздзысты оæ иумæйаг зынаргъ хæлар Алтеджы цæрæнбоны тыххæй. — Фæлæ мын, Хъодта, нæ сæмбæлд дæуимæ æх263
сызгондæр уымæн уыдис æмæ нæ уымæн хъуыдтæ — а лæппутæ уыцы Чъустуйæн (Данелæй загъта) æгъдау кæнынц æмæ сын аргъ скæнæд, хуыцаубоны йæм лæгтæ фæцæуъшц æ,мæ та-иу афтæ теттле-меттле митæ ма кæнæд, — Суцца йæ гыццыл къух йæ фындзы бынты арадав-бадав кодта, цыма искæмæ æртхъирæн кæны, афтæ. — Æз Данелы куыд зонын, афтæмæй дын ирон фидыды дзуапп нæ ратдзæн. Уый хъуыддаг иууылдæр закъонты бар бакодта, — загъта йын Даут. — Æмæ йын йæ тенкайы зонд бауадзут, хæлæрттæ ма йын цæмæн стут? Кæнноддæр дзы мурдæр ницæмæй тæрсын. (Тæрсгæ та дзы афтæ кодта, æмæ йæ катай цыд — кæд хъæуæй суад æмæ йыл сæмбæлдзæн, зæгъгæ, киномæ æмæ театрмæ æдæрсгæйæ цæуын нал уæндыдис). Мурдæр дзы ницæмæй тæрсын, уый йын фехъусын кæн æмæ дзы кард иннæ хатт арфдæр куы аныгъуыла, уымæй дæр тас у, зæгъгæ йын зæгъ. — Де ’ртхъирæнтæ йæм аласон, æви дзы хатыр кæй курыс, уый? — бафарста Даут. — Ацы сахат дзы æртхъирæнтæ ницæмæн хъæуы æмæсæ æз дæр нæ кæнын, фæлæ йын кæд ам (йæ ных бахоста) чернилæ ис, уæд ахъуыды кæнæд. Мæ хæлар Алтеджы мын ныццавта æмæ уый чи хъыгдара, уымæн æз абон дæр æмæ фидæны дæр нæ ныххатыр кæндзынæн. — Цæй, рынчын у, æмæ йæ басийын кæндзынæ,— зæгъгæйæ йын йæ телогрейкæйы дысыл ахæцыд æмæ йæ йæ фæдыл аласта Захар, фæлæ ма уый фæстæмæ дзырдта Даутмæ: — Алтегæн та мæ зæрдæйæ саламтæ. Тæрсгæ, зæгъ, ма кæн, цалыпмæ дын Суцца æгас уа, уæдмæ дæ Æрджынарæгæй Дайраны коммæ чи бафхæра, уымæй дæ маст ист уыдзæн. Горæтмæ ахурмæ куы ссæуа, уæд та иумæ цæрдзыстæм æмæ фендзыстæм... Даут сæ фæстæ кастис, худтис æмæ хъуыды кодта: уæрцц, дам, цæргæсы сæрыл лæбурдта... Хæрзаг хафт та дзы ныккæндзысты уыцы «тугдæттæг сæнæй» æмæ «тугдадзинтæ з’мæлынгæнаг конякæй»! Фæлæ уыдоп бнрæ нæ бафæстиат сты рестораны. Нæ сæ æвдæлди. Хъуыддаг сæ уыди: дыууæ уынджы 264
тигъыл ис æнæхъæн горæты дуканитæ хъуымац кæцæй исынц, уыцы окълад. Рагæй, тынг рагæй хъуыды кодта Къæдзæх уыцы скъладмæ баирвæзыныл. Хъуыды уый куыд æркодтаид бабырсыны, радавыны мадзæлттæ, ахæм ничи æрхъуыды кодтаид. Ацы скъладыл кусы аст мæйæ фылдæр æмæ йæ хорз зоны: тигъыл дыууæрдæм гом дуæрттæ, уырдыгæй уадзынц дуканитæм хъуымац, ууылты йæ исгæ дæр кæнынц. Хъахъхъæнæг ын хорз уыд æдзухдæр æмæ дзы зæрдæ ницæуыл дарæн ис. Стæй стыр æфсæйнаг дуарæй æхгæд кæрт та? Уым дуæртæ æмæ рудзгуытæ æнæуæвгæ нæй æмæ цыфæнды æфсæйнагæй сты, зæгъпæ, уæддæр семæ сарæхстаид... Фæлæ йæм уынгæй куы бакæсай, искуы иу хатт, машинæ куы бацæуы, уæд, уæддæр гæрзивтонг хъахъхъæнæг фæхъæр кæны, цы дæ ферох нæ кæрты, зæгъгæ. Уæддæр ын иу фадат фæцис кæртмæ баирвæзынæн. Скълады раз уыдис хæрæндон æмæ уым базонгæ, хъуымæцтæ машинæтæй скъладмæ чи хаста, иу ахæм кусæгимæ, ануазын ын кодта сæ хорз фембæлды тыххæй агуывзæйы дзаг арахъхъ æмæ йын йе ’уæхск æрцавта: — Мах дæр кусæг адæм стæм, мæ хæлар, кусæг аДæм æмæ хъуамæ кæрæдзи æмбарæм, уарзæм, уæдæ куыд? — йæ къухтæ размæ ракæнинаг уыд æмæ сæ кусæгмæ равдисынмæ хъавыд, фæлæ чъизи куы нæ разындысты, уæд сæ нал равдыста. Иухатт та машинæ уыцы кæртмæ куы бацыдис, уæд кусæгимæ йæхи ныхасгæнæг скодта. — Диссадж’Ы кæрт у! Цæрæн хæдзарæн дзы йæ кой дæр нæй. Æвæццæгæн æй уыцы цъаммар паддзахы рæстæг иу тугдзых... (фæстаг дзырд тынг карзæй загъта) иу т-т-тугдзых капиталист æй йæхицæн сарæзта, цы мæрдты ис, уым авд дæлдзæхы ныххауинаг... Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ фæлгæсыдис кæртыл æмæ дзы уыдта, æппæтæй хуымæтæгдæр хъуыддæгтæ дæр, дæсны уы’д йæ цæст, цы Дæ хъæуы, уый ацахсынмæ. — Гъей, хорз лæг, цы кусыс уым мидæгæй кæрты, цы хъуыддаг дæ дзы ферох? — æрбадзырдта та йæм гæрзифтонг хъахъхъæнæг уынгæй, кæд къуылых уыд, уæддæр арсы хуызæн. 265
— Æмæ уæ давгæ исты кæнын? — тæргайы бустæ скодта Къæдзæх, йæхæдæг та ма кæртыл йæ цæстытæ радав-бадав кодта. — Мæнæ мæ рагон хæларнмæ ныхæстыл фестæм, æндæр. — Мæ хицæуттæй мын афтæ фæдзæхст ис æмæ хъуамæ уыцы кæртмæ макæйы уадзон... Ды та дæ хæлармæ мæнæ уынджы банхъæлмæ кæс æмæ куы рацæуа, уæд ныхас кæнут, цас уæ фæнда, уыйбæрц, — ацы хатт хъахъхъæнæг дзырдта сабыр, зондамоныны ныхасæй. — Диссаджы къæрцхъус сты уæ хицæуттæ! — ахæм сабыр дзуапп ын лæвæрдта Къæдзæх дæр. — Æфсад куы æрбацæуа кæртмæ, уæддæр дзы вды адавдзæнис? Уæртæ уьщы уирагдуртæй арвмæ амад къултæ? — цы дзырдта, уьимæ амыдта йæ дыууæ къухæй дæр æмæ -ма фæстаг хатт бæлвырддæртæ кодта фадæттæ. — Æви уæртæ уæ бæзджын æфсæйнаг дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, — æмæ пъадвалмæ цы рудзгуытæ уыд, уыдонмæ бынмæ ацамыдта. — Чи зоны, уæртæ уæ артхуыссынгæнæн дзауматæн тæрсут, уæ бедратæн æмæ белтæн? Æмæ уыдон, хæйрæджы будысмаг куыд хъæуы, уымæй дарддæр никæйы ницæмæн хъæуынц. Уæдæ змисы асыкк та, бахатыр кæн, фæлæ гæдытæн адзысси кæнын йедтæмæ ницæмæн бæззы... — Цы адавæн нс кæртæй, ууыл нæ цæуы ныхас, фæлæ хицауы ныхасыл. Ноджы нын ныртæккæ ахæм налат ног хицау ис æмæ — уæуу, уæуу, уæуу! Ног цъылын мæрзаг вæййы æмæ дæу кæрты куы æрбаййафа æмæ мæ афтæмæй мæ куыстæй куы амæрза, уæд бинонтæ æххормагæй аззайдзысты. Пенсийæ цæрæм æмæ пенси цы фаг у? — Ницы, ницы, мæ хуыцауыстæн. Æз мæхæдæг дæр пенси исын, — мæнг загъта Къæдзæх, — æмæ йæ зонын, цы фаг кæны, уый. — Ды пенси исыс дæ -кары? — дисгæнгæйæ загъта хъахъхъæнæг. — Æмæ мын цы кары æнхъæл дæ? Суанг ма Керчы хæстытæ куы цыдысты, уæд мæм дзы уæлдæфæй кантузи радтой æмæ уæдæй фæстæмæ дыккаг къорды инвалид дæн. 266
— Æмæ кæцырдыгæй хæцыдтæ? Æз дæр уым куы хæцыдтæн. Къæдзæх фæкъуыхцы, куы фæмæнг уа, уымæй тарст, уымæн æмæ хæст уынгæ дæр никуы фæкодта. Фæлæ та фæцырд ис: — Галиуырдыгæй уыдаид, æви рахизырдыгæй, уый ма чи хъуыды кæны. Фæлæ сæ фу хорз ныккодтам, сæ рыг сын скалдтам, мæ фыдыстæн. — Исгæ йæ куы кодтам, уæд дзы уыдтæ æзи йæ куы лæвæрдтам, уæд? — Исгæ йæ куы кодтам, уæд. Фæлæ дзы ахæм хæстытæ уыди æмæ... — Уæдæ йæ дæтгæ куы кодтам, уæд фæсахъат дæн æз та æмæ... — Гъе, æмæ мæ кæцæй федтаис, ды кæд уæд фæсахъат дæ, уæд, — афтæ ныхæстæгæнгæ сындæггай рацыдис окълады кæртæй уынгмæ. Ныр æй кæрт ницæмæнуал хъуыд, йæ ныв ын æппæтæй дæр йæ цæстытыл рахаста. Æмæ йæм, кæм никуы уыдис, уыцы хæстыл дæр гæды таурæгътæ кæнын ницы диссаг фæкаст æмæ загъта: — Цæй, æнхъæлдæн, мæ хæлары тагъд нæ равдæлдзæн æмæ цон. Чысыл хъуыддаджы тыххæй мæ хъуыд, фæстæдæр æй абæрæг кæндзынæн. Фæлæ дæ хицауæн зæгъ æмæ дæм ма дзура, уæ кæртмæ исчи бакъахдзæф кодта, уый тыххæй. Адæм се ’ппæт уыцы цъаммар æмæ хуыцауы æлгьыст давджытæ не ’сты, — æмæ æнцад къахдзæфтæй ацыд. Æнæхъæн мулк цыма йæ къухы бафтыд, афтæ фæкаст Къæдзæхмæ. Ныр хъуыддаг куыд бакæнæн ис æмæ йæ дæсныдæр чи бакæндзæн, ууыл ахъуыды кæнын хъæуы. Суцца йедтæмæ йæ ничи бакæндзæи. Фæлæ уый æддейы уадзын хъæуы — кардæй зæрдæ цæвынмæ бойнæйы кусджытæй тынгдæр арæхсы... Суццайы хуызæн у иннæ æмбал Джери дæр, гыодыл, тыхджын æмæ рæвдз, æрмæст ныфсæй лæмæгъдæр у... Фембæлдис та хæрæндоны йæ «хæлар» кусæгимæ. Ануазын та нын кодта иу агуывзæ æмæ йемæ ныхасыл фæцис. Стæй йæ æрæджиау афарста, цыма йын æнæнхъæлæджы рауад, афтæ: 207
— Ницытæ дæм ласынц, ницытæ, æви куыд? Цытæ фæкусыс? — Гъеныртæхкæ уырдæм тагъд кæнын. Хъуамæ иу сахаты æрдæгмæ схæццæ уа машинæ. йæ ’бынаты стъæлфæгау фæкодта Къæдзæх, фæлæ йæхи фæурæдта æмæ хинхуызæй бафарста: — Зынæргътæ дзы ницы ис, зынæргътæ? Дуканитæм исты куы раппариккат. йарæбын, мæ костюм мæ уæлæ ныддæрæн æмæ йæ кæд исты хуызы фæивин. Кæннод дзæбæх бынæтты кус, бирæ æхца ис æмæ бызгъуырты цу, уæд уый дæр куыд раст у? — Цавæр товар сты, уый махæн чи дзуры, цалынмæ кантсйнер байгом уа, æмæ сæ мидæмæ хæссын райдайæм, уæдмæ. Фæлæ сау халæттау æмбырд кæнын куы байдайынц нæ хицауы алы фарс, уыцы Мишæтæ æмæ Гришæтæ, уæд дзы тынг зынаргъ дзаумайæгтæ вæййы. Сахаты æрдæгмæ... тагъд архайын хъæуы. Р1æ цо>нджы сахатмæ æркаст. — Цæй, уæдæ... Мæн иу ранмæ тынг тагъд цæуын хъæуы... Кæд ма дзы иу ануаздзынæ, уæд... — Бузныг, бузныг, æгæр дæр ма мæ фæкодтай. — Цæй, уæдæ, — æмæ ма цæугæ-цæуыны буфеты хицаумæ бадзырдта: — Куыд у? Салам-балам? (ома: цы дын æмбæлд, уый дын бафыстон?) — Балам-салам! Æмæ уайгæ ацыдис, Суцца иунæгæй цы чысыл, чъизи æмæ æнæфснайд уаты цардис, уырдæм. Уыйхорз ран ис, кæрт у гыццыл, зæрæдтæ йедтæмæ дзы ничи цæры, йæ фæдыл чи кæса, ахæм дзы нæй. Уыцы æнæфснайд къуыммæ æмбырд кодтой æмбæлттæ, дымдтой тамако æмæ нызтой бæгæны, нызтой йæ æнæкæронæй, карз дæр сын ницы нуазæн уыдис, миййаг сын сæ хицау æнæнхъæлæджы «куыст» куы ссара, уымæй тæрсгæйæ. Уæлдайдæр, уыцы скълад фæкъахын куы бауынаффæ кодта, уæдæй фæстæмæ. Ныр дæр Къæдзæх куы æрбацыд æмæ сын хабæрттæ куы радзырдта, уæд тæрхæттæ кæнын райдыдтой. Уаптагъд сæ хæстæ айуæрстой: Захар æмæ иу лæппу хъуамæ хъахъхъæнæджы ныхæстыл адарой, цавæрдæр 268
уынг кæцырдыгæй ис, уымæй фæрстытæ кæнгæйæ, Джери хъуамæ йæхи нылхъива машинæмæ хъæдысыстауæмæ архайа артхуыссынгæнæн змисы асыхмæ баирвæзыныл æмæ дзы ныббыра, нымбæхса. Æфсæйнаг лыггæнæн хырхытæ æмæ йæм ахæм хъæугæ дзауматæ хорз æмæ фаг ис. Къæдзæх йæхи ныхасгæнæг окæндзæн хъуымæцтæ хæссæг кусæгимæ æмæ шофыримæ. Ишæтæ дуары раз дзæгъæл тæлфт кæндзысты, Джери мидæмæ куыд баирвæзт, уый куыд ничи бафиппайа, афтæ... Захар йæхи æдылыйæ æвдисгæй^ (æмæ йыл æнцон баууæндæн дæр уыдис) фарста ус хъалагъуры: — Æмæ инæлар Ватутин у, зæгъыс, нæ? — О, Ватутин, æмæ йæ номыл уынг ис, уæртæ базары фале. — Ау, æмæ кæд хорз инæлар уыдис, уæд ын йæ уынг афтæ дард цæмæн ахастой? — Хорз уынг у. Мæнæ йæм афтæ æмраст цæутæмæ йæ йе ’стыр ног хæдзæрттæй базондзыстут. — Ахуыр не ’стæм горæтыл æмæ йæ зьшæй куы ссарæм, уымæй тæрсæм. — Уæд та уæртæ трамвайы абадут æмæ уæ йæхæдæг бахæццæ кæндзæн. Цалынмæ уыцы ныхæстæ кодтой, уæдмæ кæрты стыр æфсæйнаг дуар бахгæдтой машинæйы фæстæ, Джери мидæгæй аззад æмæ æдылытæй хъазыны сæр ницæмæнуал хъуыдис. Æрмæст ма Къæдзæх лæууыдис дуармæ хæстæг æмæ хъуыста: Джерииы ссардзысты æмæ йыл фæхъæр кæндзысты æви нæ? Куы йыл фæхъæр кæной, уæд афтæ фæцаразын хъæудзæн хъуыддаг, зæгъгæ, хыл фесты æмæ йæхицæн нæмынæй фæтарст, гъе афтæмæй баирвæзт кæртмæ, нæхи æмбæхсынмæ. Фæлæ дзы уыдæттæ дæр нал бахъуыдысты. — Уазал æхсæв кæндзæн... Цæут иууылдæр уæ хæдзæрттæм æмæ æхсæвы иу сахатыл оæмбæлдзыстæм Суццамæ. Æхсæв даргъ у. Кæд хъуыддæгтæ хорз цæуой, уæд афоныл бакæндзыстæм нæ куыст, раст милицæ ’куы райхъал уой, уæдмæ, — уый ма загъта йе ’мбæлтты ныфс бауадзынæн, стæй Суццайы иу фарс акодта æмæ йын загъта: — Æз ахсæв уемæ нæ уыдзынæн, уый зоныс. Уыцы бынат бирæ фесгæрстон 209
æмæ дзы ды дæхицæн кæртмæ баирвæзæн кæм ссардтай, уый нæ зонын. Куыд æмæ йæм кæуылты бабырынмæ хъавыс, уæддæр? — Хъалагъурæй тас куы нæ уа, уæд мæнæ афтæ,— йæ гыццыл къухтæ фæстæрдæм базырты хуызæн фæкодта, — тæх-тæх-тæх æмæ кæрты балæудзынæ. — Куыд тæх-тæх, кæуылты тæх-тæх, уый мын зæгъ æмæ йæ æз дæр зонон. — Скъладæн йæ иу тигъ фаллаг уынджы иу чысыл кæртмæ бацыди. Кæрты та цæры зæронд лæг æмæ ус, сæ чызджы чысыл чызджытимæ. Уыдон куы фæтæрсын кæнæм, — Суцца карды ком февдыста, — уæд сæ дзыхыл хæцдзысты. Исты тæссаг дзы куы уа, уæд та сæ—хъихъхъ...—Суцца йæ лыстæг хъуыр йæ æнгуылдзтæй фелхъывта, — æмæ сæ царды хуыздæр бонтæ фесты, се ’взæрты та ма сын цæмæн аэвгъау кæнæм? Уадз æмæ æрæнцайой сæ уарзон фæлмæн зæххыл. Стæй хæдзьркъа .мидæмæ баппардзынæн æмæ кæрты стæлфдзынæн. — Дæ зæрдæ истæмæ æхсайы? — Æз цы хъуыддаджы бацæуын, уымæ зæрдæ ницæмæ фехсайы. Исты дзы рауайдзæн, кæнæ нæ кад, кæнæ не ’сæфт. Æмæ уыцы дыууæйæ цы хъауджыдæр ис, ууыл чи хъуыды кæна хъуыддаг кæныны сахат, уый размæ никуы ацæудзæн. Æрмæст мын авд проценты æгæр чысыл сты... Уыныс, хъуыддæгтæн сæ зындæртæ æмæ сæ тæссæгтæ æз æххæст кæнын, сæйраг зылынгæнинаг æз уыдзынæн. — Цæй, уый æппæтæй æнцондæр бакæнæн у... Æхсæвы иу сахатыл цæут. Æз та уæм æнхъæлмæ кæсдзынæн машинæйы раз дыууæ сахатыл... Джери афонмæ æфсæйнаг æхгæнæнтæ лыггонд фæцис æмæ куыст тагъд ацæудзæн... Æрмæст зынаргъдæр цы у, уыдонмæ хъавут, дзæгъæл джиппæйфыстытæ йедтæ дзы ницæмæн хъæуы. Цу æмæ уал афынæй кæн, æрмæст нуазгæ фæйнæ сæдæйы, куыд вæййы, цы вæййы, уæд расыджы тæф куыд кæнат, афтæ, æндæр цъыртт дæр нæ. Цу! — йæ уæхок ын æркъуырдта æмæ кæрæдзийæ фæхицæн сты... Æрфынæй хъахъхъæнæг сылгоймаг... Ирд, ссæдз градусы хъызт хъыс-хъыс кæны, бæстæ у сабыр, уд270
дзæф та суанг зæвæттæм хæццæ кæны, афтæ арф уайы йæхæдæг улæфæнты æмæ чи нæ арæдзæ-мæдзæ кæндзæн. Æгайтма къуылых хъахъхъæнæджы рад нæу, уый уæйыг у, фæлæ сылгоймаг æнцондæр архайæну— хъуыр кардæй цъьгкк æмæ хъуыддаг йæ тæккæ бынаты ис. Æмæ уыцы хъуыддаг æнцонæй бакодта Суцца, сылгоймаг хъихъхъ дæр нæ фæкодта, фæцæй ма стад, фæлæ йæ бадæны фæстæмæ æрдыдагь. Туджы смагæй æррайау фæцис Суцца, азгъордта, йе ’мбæлттæ йæм æнхъæлмæ кæм кастысты, уыцы кæртмæ. Къухтæй ацамыдта, хæбырæгъчихъуамææхстаид, уымæн, фехс æй, зæгъгæ. Уый цалдæр æхсты фæкодта æмæ-иу куы нæ фæхæцыдис, уæд тыхсти Суцца, уый ныртæккæ æпнæт дæр рæвдз кæнын хъуьгдис, цæмæй тагъддæр фервæза тасæй æмæ æбуалгъы митæй. Æппынфæстаг фæхæцыд хæбырæгъ æмæ бæндæныл къухтæй тагъд обырыд. Æнхъæлмæ сæм кастысты Джериимæ, зæгъгæ, уыдон ныртæккæ алыхуызон трикоты, драпты, дариты топпытæ зыввытт-зыввытт кæнын райдайдзысты æмæ сæ уыдон та æргъæмттæй скъæфдзысты талынг уынджы къуыммæ, машинæмæ. Уым та Къæдзæх дзурдзæн: — «Афтæ, афтæ... тагъддæр, тагъддæр». Фæлæ уайтагъд Суцца йæхæдæг фæзынд хæдзары сæрыл бæрзонды æмæ хъуымæцты бæсты æрæппæрста цыдæр æфсæйнæгтæ, стæй йæхæдæг бæндæныл æрсыххуытт кодта. — Цы хабар у? Цы æрцыдис? — амбырд ыл сты æмбæлттæ. — Джери ныссалдис, амардис змисы асыччы. — Куыд? Цæмæй амард? — фæлæ Суцца дарддæр дзуаппытæ нæ лæвæрдта, фелвæста йæ æфсæйнæгтæ æмæ згъорæгау тагъд ацыди, талынг уынджы къуымы сæм Къæдзæх æнхъаглмæ кæм кастис, уырдæм. — Кæсын змисы асыкмæ æмæ дзы тымбылæй хуыссы Джери, — цымыдиоæй дзырдта йæ хабар Къæдзæхæн. — Мæлæты маст мын фæцис, уыцы афонмæ кусын кæй нæ райдыдта, уый æмæ йæ сфæртт кодтон, гъæй, зæгъын, Чъеппа, ам цы нычъчъыртту дæ, кусгæ цæуыннæ кæныс. Фæлæ йæ буар салд хъуымацау уыциу змæлд бакодта. Фанар æм фæдардтон æмæ—мард. 271
Æз хырхытæ æмæ иннæ дзаумæттæ райстон, уæддæр бонмæ ницыуал бакодтаин... Ехх, Джери, Джери, замманай лæппу æмæ куыд фесæфт... Цы йын кæнæм ныр? — Уый цы фæцис, уый фæцис. Райсом æй ссардзысты... Усы мард æмæ Джерийы мард... Куыд уыди? Цы уыди? Чи уыди? — зæгъгæ та горæты цымыдистæ иу-дыууæ мæйы се ’фсæртæ фæцæгъддзысты æмæ ууыл хъуыддаг фæуыдзæн. Фæлæ дæу милицæйы куитæ -куыд нæ базоной — усы дæр ды ныццавтай, бæндæныл дæр ды сбырыдтæ, Джеримæ дæр ды æвнæлдтай, уыдæттæ милицæйы куитæ куыд нæ ссарой, афтæ ацы минут хъæумæ гъæй кæн. Стæй уæхимæ нæ... Цыма нæ фæдыл каст ис, афтæ æмбарын æмæ дæ уым дæр ссардзысты. — Цыма æппындæр ницы æрцыд, афтæ сабыр уынаффæйы ныхас кодта Къæдзæх, стæй æвиппайды фæкодта: — Æрмæст тагъд. Захар, ахæццæ йæ кæн автобусты станцæмæ... «Ехх, æвæдза, цы дæм ис, уыдон дын куы адавдæуа, уымæй, æвæццæгæн, æнцондæр нæу, цы нæ дæм ис, уыдон дын радавын куы нæ бантыса, уымæй», — хъуыды кодта Суцца кабинкæйы Захары фарсмæ бадгæйæ. — Æмæ ацы афоны автобусты станцæйы цы кусдзынæ, нæ зонын^ — загъта Захар. — Исты амал уыдзæн, — машинæ станцæйæ дæрддзæф æруромьпн кодта æмæ Захары фæстæмæ арвыста, йæхæдæг дарддæр згъоргæ ацыдис. Станцæйы пецты трубатæй фæздæг калдис æмæ йын æхсызгон уыди — уæдæ нæ фесæфти, нæ басидзæн уазалæй. Уыциу згъордæй дуæртты раз алæууыдис æмæ сæ дыууæ тымбыл къухæй ныххоста. — Цы мард æрцыди, цавæр хост у ацафон, йе автобус куы нæ ма цæуы, йе ’ндæр, уæд! — райхъуысти станцæйы хъахъхъæнæджы æмæ пецтæ æндзарæджы м-æсты хъуыр-хъуыр. — Мард æрцыднс мард, мæ хæдзар фехæла! — æвиппайды афсон кодта Суцца, — мæ иунæг мад æрбамард хъæуы, мæ хæдзар бабын уа, æмæ хъæумæ цæмæй тагъддæр ахæццæ уон, уый катай кæнын. Хъахъхъæнæг дуар бакодта æмæ йæ мидæмæ бауагъта: — Мад амард, зæгъыс? Рухсаг уæд, хуыцау ын цы 272
фæстаг бынат саккаг кодта, уыцы бæстæйы. Ды та пецмæ хæстæгдæр бацу æмæ дæ.хи батав. Ныхаомæ хъуыста Суцца æнцад, стыр бæллæх ыл кæй æрцыд, уый хъахъхъæнæгæн æрмæст йæ уæхсчыты хæрдмæ феппæрстæй æмбарын кæнгæйæ. Йæхæдæг та хъуыды кодта, кæдæм фæраст уа, ууыл- Уыцы рæстæг фæкомкоммæ, бандоныл цы газет уыд-ис пецы раз, æзæццæгæн хъалагъур кæй касти, уыцы газетмæ æмæ дзы йæ цæст ставд фыстытæй ацахста: «Колхозон фиййау Хæнæзаты Дзамболаты фырт Алтеджы хъæбатырдзинад». Акастпс æй æмæ дзы фыст уыдис Алтегæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй «Фæллойы хъæбатыры» майдан кæй радтой. Уырдæм, уырдæм, хæрзæггурæггаджы æфсон, хæйрæджытæ дæр не ’рхъуыды кæндзысты, Суцца уыцырдæм афардæг, уый. — Дæ хорзæхæй, мæнæ уый дæ газет у? — Мæн у. Æхсæв хуыссæн нæй æмæ уæдæ хуыздæр цы кусæм? — У-у, дæ хорзæхæй ратт мын æй, кæд дын цыфæнды зыпаргъ у, уæддæр. — Ахæсс æй, ахæсс, дæу фæуæд. Æз æй уæддæр каст фæдæн. Уалынмæ дуне чысылгай змæлын байдыдта. Фæзындысты бæлццæттæ, стæй уый хæд фæстæ автобустæ дæр цæуын райдыдтой æмæ Суцца «хæрзæггурæггаджы» фæрасти зымæгон хизæитырдæм. Автобусы тæхгæйæ йæ цæстыл ауад, горæты куы базоной хъахъхъæнæг æмæ Джерийы мæрдтæ, уæд бæстыл цы дис æмæ фæдис уыдзæн, уый. Тæрсгæ дæр дзы кодта, йæхимæ дæр каст, адæмы йæ базонын кæй фæнды, ахæм хъæбатыр. 10 Тынг фæзын ис Алтегæн, Дауты рынчындонмæ куы аластой, уæд ахуыр кæнын дæр æмæ кусын дæр. Дыууæйæ Иван Андреевичæн йæ æххуысгæнджытæ уыдысты æмæ йæм уыдон кастысты рынчын фосы дзæбæх кæнынмæ — сæхицæн дæр ахуырæн пайда æмæ Иван Андреевичæн дæр æххуыс. Уый та ахæм адæймаг у æмæ йын æххуыс кæнынæй никуы бафсæддзынæ. 18 Лдæч адæм сты 273
Фæлæ Даутимæ дыууæ уыдысты æмæ сын æнцондæр кусæн уыдис, рынчын фос та уыйбæрц бирæ нæ уыдис. Ныр хъаймæты зæлты мит куы ныууарыдис, уæд фосæй бирæтæ фæсахъат сты æмæ сæм бон-изæрмæ зилы Алтег иунæгæй, фæлæ не ’ххæссыд. Иннæ лæппутæ дæр ын-иу аххуыс кодтой, фæлæ цас арæхсыдысты. Дауты куы аластой, уыцы фыццаг бон æнæкæрон æнкъарддзинад æмæ æнтъыснæгдзинад æрæнцадис лæ-гдоны. Нæма æрцыдис миты фæстæ сæ тас æмæ сæ фæллад, иууылдæр, цыма сæ буæрттæ уазал æмæ æмпылгæ кæнынц, афтæ сæм касти. Уæлдай мæт кодтой Даутыл. Цы бауыдзæн, уый мæт алы хицæн зæрдæйы нæ, фæлæ æнæхъæн лæгдоны æрæнцад. Ботас ма сæ-иу хъæлдзæг ныхæстæй схъæлдзæг кæнынмæ хъавыд, фæлæ зынæй. Фæрæвдздæр æмæ фæхъæлдзæгдæр сты, Дауты цардæн тас кæй нæуал у, кæй сдзæбæх уыдзæн, уый тыххæй тел куы райстой, уæд. Фæлæ лæгдоны уæддæр цыдæр нæ фаг кодта, адæймаджы æнæмæнг чи хъæуы, ахæм цыдæр. Æмæ-иу уæд ныттыгуыр сты æмæ хъуыстой, Иван Андреевич Алтегæн цытæ амоны, уыдонмæ, кæд сæ не ’мбæрстой, уæддæр. — Фосы дохтырæн бирæ зьшдæр кусæн у, — дзырдта низтыл ныхас кæнгæйæ Иван Андреæич Алтегæн æмæ йæм иннæтæ дæр хъуыстой. Сывæллонæн дæр ма йæ риссагдæр бынатыл куы фæхæцай, уæд тынгдæр ныцъцъæхахст кæны. Фæлæ фос фос у æмæ дын ницы зæгъдзæн, кæм ын риссы, уымæн йæ агурæг дæхæдæг дæ. Гъе æрмæст... Кæм фæзынынц, уымæ гæсгæ фосы низтæ цал хуызы сты, уый ма дæ зæрдыл дарыс? — афарста æвиппайды Алтеджы. — Дарын. — Гъемæ уыцы низтæй иутæ æнцондæр равзарæн сты, иннæтæ та чи нæ зыны, уыдон — зындæр... Æмæ уæд йе ’сдзæбæх кæнын дæр зындæр у, — Иван Андреевич æдзухау нырдæр дзуры сабыр, бæлвырд ныхасы уагæй, цыма йæ суанг Ботас дæр куы бамбарид, уый йæ фæнды. Æмæ йæ æмбæрста Ботас. Ахуыр — ахуыр у, йæ хæдзармæ йæ рардæуа... Цæмæн фæрынчын Даут? Алтегимæ иумæ куы фæцахуыр кодтаид, уæд фæз274
зæджы иумæ бацыдаиккой уæлдæр скъоламæ. Рынчындонæй дæр сæм афтæ æрвыста, мæгуыр, хъæбæр бæргæ дзырдта, куыддæр рынчьгндонæй рацæуон, афтæ та хæдзары иу бон дæр нæ фæуындзынæн, уæтæртæм цæудзынæн, мæ ахуыр куыд нæ бакъуылымлы уа, афтæ. Нæ йæм фæлæууыд тых ныхасмæ, сабырæй йын æмбарын кодта, фыдхуыз дæ æмæ уал фыццагдæр хи фæфидар кæнын хъæуы... Фæлæ фæсивæд æрра сты æмæ йæм цы хъуыды фæзындзæн, хуыцау æй зоны... Иван Андреевичы ахæм ахуыртæ, Ботасы таурæгътæ æмæ фæсивæды хъазæн ныхæстæ дардтой лæгдон фыццагау цардхуызæй. Æмæ та, иу изæр, фосы куы бафсæстой, сæ рынчынтæм куы базылдысты æмæ куы æрæмбырд сты лæгдоны, æхсæвæры фæстæ та Иван Андреевич йæхи рæвдз куы кодта, уæд сæм фехъуыст уæззау машинæйы гуьгв-гуыв. — Чидæр махмæ æрцыдис! — Комкоммæ махмæ цæуы! — цины хъæргæнгæ фæсивæд æддæмæ ракалдысты. Изæры тары зындис: цавæрдæр уæзласæн машинæ, уæртæ хæрдауы æвæд миты бырæгау кæны. Кæд дзы йæ рæстæджы фæдисæттæ фæд акодтой, стæй мит атадис æмæ йæ цыппæрæмхайы бæрц йедтæмæ нал уыд, уæддæр хæрды, æвæццæгæн, æнцон цæуæн нæма у. Машинæ хæрдмæ цæугæйæ къуылдымауы аууон фæцис, стæй куы фæзынд æмæ куы рауырдыг кодта, уæд уайтагъд сæ разы æрбалæууыдис. Уæдмæ зæрæдтæ дæр æддæмæ рацыдысты. Машинæйы кабинæйæ рагæпп кодта Суцца, нымæт цырыхъхъыты, телогрейкæйы, уæлæмæ фæлдæхт бухайраг худы, æмæ Алтег. кæцырдыгæй лæууыд иннæты æхсæн, уый дæр нæма базыдта, афтæмæй сæм хъæргæнгæ згъордта, газет йæ къухы тилгæ скъæфгæйæ: — Майдан радтой мæ хæлар Алтегæн, майдан. Æз зонын, цавæр хæлæрттæ дарын хъæуы, уый, мæ сæр куыдзы тъæнгтæ бахæра, — æмæ Алтег кæцырдыгæй лæууы, уый куы ауыдта, уæд ыл йæхи бауагъта, къухтæ хъæбыс кæнын æввонг даргæйæ. Фæлæ йæ Алтег йæ рæмбыныкъæдзæй афтæ асхуыста æмæ иуварс атахт. 275
— Кæм æмæ цæмæй фесгуыхтыстæм æз æмæ ды та? — загъта мæстыйæ æмæ Дауты кабинкæйæ рахизгæ куьв федта, уæд уьимæ фæцис. Иууылдæр фиййæуттæ Даутырдæм фесты æмæ иу фарс аззадис Суцца. Сфыхт, сцъыс-цъыс кодта йæ маст Суццайæн, цæмæ æрхаудта, йе ’мбæлттæ хуыцауы аргъ кæмæн кæнынц, уыцы Суцца! Цæмæн фæдисау уадис хæрзæггурæггаг Алтеджы ницæйагмæ йæ майданы гæбазы тыххæй?.. Æви йын майдан æфсон фæцис, æндæр йæ сæрæн фæцæвæн бынат нæ ардта, ацы уæтæртæй хуыздæр... Æмæ уæд хъиз-æмар та цас фæкодта ардæм æрхæццæйыл! Машинæйæ машинæмæ хизгæйæ... æмæ дзы цæмæндæр алы машинæ дæр сæтгæ кодта, афтæмæй дыууæ боны фæцыд. Ньгр дæр ма не ’рхæццæ уыдаид Дауты машинæ куы нæ уыдаид, уæд. Æмæ ахæм æгасцуай! Фæлæ цыфæнды æгасцуайæн дæр фæразын хъæудзæн иу æртæ-цыппар боны. — Алтег, ахæм гуымиры дзуашт цæмæн дæттыс Суццайæн? Уый дын дæ хорзæхы тыххæй кæм фыстис, уьгцы газет куы æрласта æмæ дын арфæтæ кæнынмæ куы æрцыдис, — загъта Даут. — Гуымиры æгасцуай йын ницы зæгъын. Фæлæ нæ уарзын, ирон лæгтæ батæ æмæ хъæбыстæ куы фæкæнынц, уый. Къух райс, цас дæ фæнды, уыйбæрц æй нылхъив æмæ раарфæ кæн. — Стæ ма, цавæр майдан у, цавæр?—Ботас бараст Суццамæ æмæ йын уæд иууылдæр радгай йæ къух истой. — йарæбын, мæ хуыздæр хæлар Алтегæн мын майдан радтой, стыр паддзахадон лæвар, йæ куысты уæлхъус хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй. Уымæй размæ ыæм уыцы æнамонд бынатмæ дæр (ахæстонмæ ома) байхъуысти, бирæгъ йæ фæстаг къæхтæй куыд æрцахста, уыцы хабар æмæ æнамонд ахæстытæн дæр сæ диссаджы хъæбатыр соис æмæ йьгн йæ номæн «ура» кодтой, кæд æй цæсгомæй нæ зыдтой, уæддæр,— æнæбанцайгæйæ дзырдта Суцца къухтæ иогæйæ æмæ алы къухистæн дæр дзуапп лæвæрдта йæ сæр фæгуыбыргæнгæнæ. — Ахæм хæлар мын кæй ис, уый тыххæй цас ныббузныг дæн мæхицæй, уый æмбардзыстут. Фæлæ мæ 276
хæлар у, уый никæмæн загътон. Галыйас богæлттæ дзы ис æмæ дыл куы нæ баууæнда, уæд дæ къулыл ахæм пъортт ныккæндзæн, æмæ дæ иу сырх уымæлтуджы стъæлф йедтæмæ къулыл ницыуал баззайдзæнис. Фæлæ та мæнæ йæ ног хъæбатырдзинады хабар æмæ мæ æхсæвы дымгæ æмæ уазал дæр нæ баурæдтой мæ хæлары рухс цæсгом фенынмæ фæндæгтыл. Уыцы ныхасимæ къухтæ иогæйæ бахæццæ Алтегмæ æмæ йæм хъæбыс кæнынмæ нал бауæндыд, фæлæ йын йæ къух райста: — Амондджын лæвар дын уæд, ме ’стыр æмæ кадджын хæлар. Махмæ та уæддæр æнæ хуыцауы кой скæнгæ нæп æмæ дын æй хуыцау схæццæ кæнæд Социалистон Фæллойы Геройы бæрзæндтæм. — Арфæгонд у, — загьта Алтег æмæ Сундайы гыццыл къух нæма суагъта, афтæмæп загъта дарддæр:— Фæлæ ма æз кæд нымайын зонын, уæд ма ды хъуамæ уыцы «æвзæр бынаты» (бадис. К*ВД, куьгд рауадис, ды ацы бон ам кæй сæмбæлдтæ, уый? — Гъи, — хъæрзæгау бахудт Суцца, — нæ йæ зонын æз дæр, ды йæ куыд нæ зоныс, афтæ, «уæгъд дæ æмæ ацу» зæгъгæ мын загътой æмæ рацьгдтæн, æндæр бæлшэгрддæр исты зонæг куы скæнон мæхм хъуыддагæн, уæд дæ фæсайдзынæн, æмæ гæдыйы ном де ’знагыл сбадæд, — йæ уæхсчытæ хæрдмæ фелхъывта. — Мах, æнæсæр адæм, нæ масты рæстæг исты фыдмитæ бакæнæм, фæлæ уыйфæстæ нæ зылынгæнджытæ æмæ нæ растгæнджытæ нæхæдæг нал вæййæм. Æз ма афтæ æихъæлдтон, зæгъгæ, ирон фидыд бакодтат æмæ мын уый тыххæй фæцыбыр нодтой мæ тæрхоны бонтæ... Фæлæ, тæрсгæ ма кæн, æз дæр дзы къаддæр зындзинæдтæ æмæ рыстытæ нæ федтон. — Цæй, цæй, мидæмæ, уым кæндзыстæм цинтæ æмæ ныхæстæ дæр, — загъта Ботас æмæ Дауты уæхскыл сабыргай йæ къух æруагъта, «цæугæ мидæмæ, кæннод та суазал уыдэынæ æмæ та дæ низ йæ фыццаг айсдзæн», зæгъгæ, йын цыма зæгъынмæ хъавыд, афтæ. Куы æрæнцадысты лæгдоны, уæд Ботас загъта: — Фæлæ нæм Суцца уæддæр стыр цины хабар æрхаста Алтеджы тыххæй æмæ йыл зæрдæйæ куыд ба277
цин кодтам, æвдисгæ дæр æй афтæ ракæшæм. Лæппу, дæ мадмæ ницы хорздзинад фæцис, æви? Чысыл дзы нозт хъæуы. — Гъæйтт, мæ мард æрцыд, машинæйыл зæрдæ даргæйæ, уæд уын æз станцæйы æппæт буфет дæр бæргæ æрбаппарын кодтаин, фæлæ фистæг лæгæн йæ бон цы у, уæлдайдæр мæ хуызæн чысыл лæг куы уа, уæд? — загъта Суцца, Ботас нозтæй фæрсы, уый куы базыдта, уæд. — Иучысыл дын рарвыста, — загъта Даут. — Машинæйы цыдæртæ бæргæ ис. Фæсивæд хуынтæ куы æрбахастой, уæд æрмæст Ботасы хуынтæ нæ уыдысты, фæлæ дзы алы фиййауы номыл дæр уыдис иу, кæнæ цалдæр лæвары, сæ мадæлтæй, сæ хотаэй, сæ хæлæрттæй æмæ сæм æппæт дæр уыдис гуыпп куывд саразыны фаг. Нæ куымдта нуазын Алтег. Ома, мæнæ йæхи урæдта, æви йæхицæй æппæлыдис, уый тыххæй нæ, фæлæ йын афтæ æнад ссис æмæ уьгй бæсты фæтæген, дохт кæнæ ма æндæр исты дæр банызтаид. Фæлæ йæм æрыздæхтысты æмбæлттæ, уæлдайдæр тентекк Суцца: — Æз ахæм хæрзиуæджы аккаг никуы уыдзынæн, фæлæ куы фæрæдииккой хицæуттæ æмæ мын æй куы раттиккой, уæд сын æз сæ цæрæнбоны тыххæй кислота дæр бануазин, — дзырдта Суцца. — Иунæг уæддæр бануаз махимæ, — лæгъстæ кодтой æмбæлттæ. — Цæй, ацы иу хатт ма йвш бафæраз æмæ де ’стыр цины бон иу бануаз, — загъта йыи куыддæр уæззауæй Ботас дæр æмæ уæд райста сыкъа. Бадт уыдис, куыд рауайын æнхъæл уыдысты, уымæй ’бирæ хъæлдзæгдæр. Даут йæ фæндыр куы райста æмæ дзы Сатанайы зарæг куы ныккодта, куы йæм бахъырныдтой кæрæдзиуыл хорз бадгæ хъæлæсæй лæгдоны чи уыдис, уыдон, уæд ныррухс лæгдон æмæ бамбæрстой, Даут дзы куы нæ уыдис, уæд цы хъуаг кодта, уый. Зарджытæй рахызтысты худæджы цæгьдтытæм, стæй кафынмæ. Фæлæ Даут уыцы цæгъдгæйæ дæр каст Алтегмæ 278
æмæ дзы йæ зæрдæ рухс нæ кодта. йæ цæстытæ куыддæр ссырддзаст сты, цыдæр хус аныхъуыр-аныхъуыр •кодта. Бæрæг уыди, цыдæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Даут æй зыдта — лæппу мæсты у Суццамæ æмæ уьгмæ куы фæуа, уьимæй тас уыд, нощжы Суцца йæ тааккæ фарсмæ бабырыд. Амыдта йæ цæстытæй æмбæлттæн Даут, зæгъгæ, куыд-иу уыдис, афтæ та у æмæ йæм уæ хъус фæдарут. Алтепæн йæ хус ньгхъуырд дæндæгтæ кæрæдзнмæ фелхъив-фелхъив кæнынмæ рахызт, .æмæ-иу хъырнын ферох кодта. Иу хатт та, йæ хъистгæнаг хъæлæс бæрзонд куы ныддыз-дыз кодта Суццайæн, уæд ын æнæ нсты зæгъгæйæ йæ къубалмæ фæлæбурдта Алтег æмæ йæ уайтагъд йæ быны афсæрста. Фæхæст йæ карды фистоныл Суцца дæр æмæ йæ улæфæн куынæуал уыдис, уæд дарддæр цы уыдзæн, ууыл нал ахъуыды кæнгæйæ хъуамæ Алтеджы артæнты йæ кард афсæрстаид. Фæлæ уæдмæ лæппутæ фæлæбурдтой Алтегмæ æмæ йæ фæхицæн кодтой Суццайæ. — Æнæзæгъинагæй чи райгуырдис, уый, ды нын нæ хуыздæр æмбалы маргæ куы кодтай, йæхи амондæй ’куы нæ фервæзтаид, уæд ма нæм цæмæ цæуыс? Кæй ма нæм зоныс маринаг? — æппынæрæджиау загьта мæсты улæфт кæнгæйæ Алтег. — Йæ, уæууæй, Алтег, мах зæронд лæгтæ куы стæм, уæд нæ разы уазæгмæ бавналын куыд бауæндыдтæ?— бауайдэæф ын коцта Ботас. — Куыдз у, уазæг нæ, фæлæ. Нæ хуыздæры нын марынмæ хъавыд æмæ ма нæ.м уæд цæмæ цæуы, нæ цины сахат да^р æмæ хъыджьг сахат дæр... Сьимах та мын хатыр ныккæнут, — æвигтпайды ньгшуыдта æмæ уынгмæ йæхи раплæрста Алтег æмæ фæсивæд йæ фæдыл рацыдысты. — Ды та йын, Суцца, хатыр бакæн. Уъщы æнамонд «æртах æм куы бахæццæ вæййы, уæд дзы æрра кæны æмæ йæ маст кæйырдæм фæвæййы, уый йæхæдæг дæр нал базоны. — Иу хатт дзы йæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр фыдбылыз æрхæсдзæн, ноджы йæ къухтæ аркъауæй уæлдай не ’сты, — йæ бæрзæйы стджытæ бæрæггæнгæйæ загъта Суцца. — Гыццыл ма æмæ мæ фæхурх 279
кодтаид, — йæхинымæр та ахъуыды кодта, Алтегимæ сæ хæлардзинад кæй фæфæды æмæ йæ бауромын кæй хъæуы, зæгъгæ. — Не ’ппæт дæр аххосджын уыдыстæм, нал æй уарзы, афтæмæй йын тыххæй кæй бануазып кодтам, — загъта Иван Андреевич сабыргай. Æнкъардæй ныххуыссыдысты ахæм стыр хъæлдзæгдзинæдты фæстæ фиййæуттæ æмæ сæ уазджытæ... Райсомы Суцца хъæлдзæгæй салам радта Алтегæн лæгдоны дуармæ, цыма æхсæвы се ’хсæн æппындæр ницы рауад, афтæ æмæ йын дзуапл радта Алтег дæр, стæй ма æикъардæй загъта: — Дысоны тыххæй та хатыр бакæн, нæ мын бæззы, пæ мын тайы уыцы æнамонд нозт, нал мæ хъæуы æмæ ма мын æй тыххæй æфсæрмæй бануазын кодтой... — Цæй, уый ницы кæны... Ахæм уæлæнгай хæлæрттæ не ’стæм æмæ иу сдзырды тыххæй кæрæдзийæн æцæхгæлæттæ фестæм... Æз дæм дæ ц-индзинад фехъусын кæнынмæ фæуадтæн. Ацу йын зæгъгæ ничи кодта, йæхæдæг цæугæ нæ кодта, афтæмæй фиййæутты æхсæн иу цьшлар боны ацард Суцца æмæ хъуыды кодта: «Æмæ афтæ куы фæцæра йæ лæппуйæ йæ зæрондмæ лæг, уæд ма гуыргæ та цæмæн ракæны? Раст зæгъгæйæ сын хæринаг хорз ис, ис сæм сæхи хъæлдзæгдзинæдтæ, фæлæ уыдон цард хуинынц?» — æмæ Алтегæн дзырдта йæ хъуыды æргомæй: — Цæй цард у ай, Алтег, фæлæ институтмæ куы бацæуай æмæ горæты куы æрцæрай, уæд дын æз фенын кæндзынæн цард циу, уый. Горæты фæдысмудæг милицæйы куиты нал ракæнбакæн кæндзысты, бæстæ фæсабыр æмæ ма. æрмæст цымыдистæ минæймаг хатт дзурдзысты ногæй-ногдæр хуызы, æндæр тас нал у, зæгъгæ ууыл йæ зæрдæ куы фæдардта, уæд рафардæг горæтмæ æмæ йæ зæрдæйы рахаста Алтегамæ фæстæмæ кæй бахæлар, уый æхсызгон æмбарындзинад. Ахæм æнцой йын куы фæуаид, уæд Къæдзæхмæ хъусгæ кæ, фæлæ ма йын уый йæхи фæндæттæ дæр æххæст кæнид. 280
11 — Дæгка, — йæ цæсгом фæсырх Залханæн, — цы дын зæгъын, уый зоныс? — Зæгъ æй æмæ йæ базонон, — хъазгæйæ загъта Дæгка, уыцы фæллады фæстæ йæ хуыссæны йæхи уæззау æруадзгæйæ. — Мæ зæрдæ мæхимæ æхсайы. — Цæмæй? — дисгæнгæйæ бафарста Дæгка. — Æнхъæлцау дæн... Залхан цæуыл дзуры, уый фембæрста Дæгка. Уый афтæ æфсæрмы кæнгæйæ æмæ æнкъардæй кодта йæ ныхас æмæ лæг хъæрæй ныххудтис: — Æмæ уымæй та цæмæй æфсæрмы кæныс? Цæмæй дзы тæрсыс? Сылгоимагæн цы уавæры уæвын æмбæлы, уыцы уавæры дæ æмæ мып мæд лæппуйы ном зæгъын кæнай, уæд дын мæнмæ дæхи дзыхæй цы зæгъай, ахæм лæвар. Уæддæр мын лæппу нæ уыдис. — Сымахæн, нæлгоймæгтæн, уæлдай нæу, фæлæ мæ зæронд сæрæи худинаг у. Æртæ æмæ мыл дыууисоæдз азы цæуы æмæ куы ф’æбæрæг уон, уæд ма адæмы æхсæнмæ, ме ’скъоладзауты æхсæнмæ куыд ацæудзынæн? Цы цæсгомæй? — Кæмæй æфсæрмы кæныс, уыдон, æвæццæгæн, сæ рæстæджы фехъуыстой, æгъдæуттæ куы.д амонынц, афтæмæй моймæ кæй ацыдтæ, уый. — Куыд бамбæхсон, мæ сæры хилты цы бирæ халастæ фæзындис, уыдон? — Куыд сты, афтæмæй сæ уадз æмæ цин кæн, мад кæй уыдзынæ, ууыл, уæд дын бирæ æнцондæр цæрæн уыдзæн. Сылгоймаг уæвгæйæ мад ма су, афтæмæй мæрдтæм бацу, уæд уымæй тæригъæддæр цы ис? Мæнмæ гæсгæ уый хъуамæ зындонмæ бахауа, — бахудт Дæгка. Фæлæ Залхан худыныл нæ уыд. — Цы зæгъдзæн дæ чызг, ныр хъуамæ йæхицæн сывæллæттæ кæмæн уа, уый? Худинаг уымæй уæддæр нæу, мæхи чызджы хуызæн?.. — Æгæр карджыныл æп амымадтай мæ чызджы, нырма йæ тæккæ моймæ цæуыны кары ис. Дыккаг та 28 Ь
уый у æмæ нæ чызг ахуыргонд у, цы нæ æмбары, ахæм ын нæй! — загъта Дæгка сабырæй. — Цæй, лæгтæ, сымахæн уæ ахуыргонд дæр æмæ æнахуыргонддæр сылгоймаджы никуы бамбæрста, æмæ йæ никуы бамбардзæн, æвæццæгæн, — фæлмæн бустæ бакодта Залхан æмæ ма йæхи хъæццулы бын кæнгæйæ сагъæсхуызæй загъта: — Æмæ ноджы рауадис, скъола мын ме ’ккойы куы сæвæрдтой æмæ йæ дзыхъхъынног бындурыл рацаразын куы хъæуы, уæд. Уыцы ныхас рауадис Залхан æмæ Дæгка.мæ зымæджы, фысты фæдисæй куыддæр æрсабыр сты, афтæ. йæ зæрдæйы цы фæйлауæнтæ сæвзæрд Залханæн, уыдон нæ басабыр сты æхсæвы Дæгкаимæ ныхасæй æмæ райсомы сфæнд кодта Зæлинæйæн хабар æргомæй радзурын, уæддæр æй иу бон æнæзонгæ нæ фæуыдзæн. Стæй цавæрдæр хъæлдзæгæй ссыдис фосы фæдисæн æмæ йын кæд хабар афтæ хъыг дæр нæ уаид. — Мæ мад! — цины хъæр ныккодта Зæлишæ, йæ хъæбысы æрбакодта Залханы, йæ цæсгом ын йæ дæлхъуыр атъыста æмæ хæрз сабырæй загъта: — Уæдæ æфсымæр уыдзæнис ныр мæнæн, — æмæ йæ хъæлæсы уаг афтæ хъуысыдис, цыма йæ зæрдæ суынгæг. Хуры рухс тынтæ йын йæ зæрдæмæ бауагъта æфсымæр, кæнæ йын хо кæй уыдзæн, уыцы хъуыды æмæ æдзухдæр цингæнгæйæ нæ цæст дардта Залханмæ. Уый-иу сагъæсгæнгæйæ куы дзырдта, зæгъгæ, сылгоймаг уыйбæрц нæ цæры, æмæ сывæллон куы равзæра, уæддæр хæрз чысылæй сидзæрæй баззайдзæнис, •зæгъгæ, уæд ыл-иу обустæ кодта Зæлинæ æмæ йын дзырдта: — йæдау фæуы... Абайты Тепсейы хуызæн мын фарастыссæдз азы фæцардис æмæ йæхи зæронд рахуыдта! Сывæллонмæ дæу ницы кæсдзæн. Æрмæст æвзæргæ ракæнæд, æндæр æй хæсгæ мæхæдæг кæндзы* нæн... Иæ фыды бинонтæ арæзт сты æмæ ныр... Дофкайы ныхæстæ куыд хъусы, афтæмæй Алтег куыддæр зымæгон хизæнтæй сыздæха, афтæ институтмæ цæуы, фæлæ йæмадæнæ ус ракургæйæ никæдæм ауадздзæн. Сфæл•мæцыд иунæгæй хæдзары æмæ йæ æххуысгæнæг куы 282
нæ уа, уæддæр æй хъуамæ ныхасгæнæг æмбал уа. Æмæ фиййæутты сыздæхтмæ æнхъæлмæ кастис сусæгæй, чызг куыд фенхъæлмæ кæсы, афтæ. Цæй зын дарæн сты уыцы бирæ алыхуызон тыхджын æнкъарæнтæ зæрдæйы! Тæхуды, уæд та Валя куы уаид ам, уæд ын акæнид, йæ зæрдæ йын цы сагъæстæ фæйлауынц, уыдон æмæ йын-иу æнцондæр уæддæр уаид. Фæлæ кæм ис Валя? Цыхуызæн у? Æрæджы йæм бæрæггæнынмæ фæцыд Дзибус æмæ дзы тынг хъæлдзæгæй сыздæхтис — бынтон дзæбæх у, зæгъы, йæ цæсгом йæ фыццаг бынаты сбадт, раздæр куыд цагъта, афтæ цæгъды пианинæйæ æмæ йæ къах исы, кæддæриддæр-иу æй куыд рæсугъд иста, афтæ. Тæх|у1ды, уый ма афтæ дз^æбæхæй кзуы фшищ, Зæлинæ! Хорз рауадысты хъуыддæгтæ иууылдæр: Сд3æбæх Валя æмæ сыздæхдзæн дзæбæхæй Дзибусмæ. Нана зондджын адæймаг уыдис, зыдта цард куыдтæтæ арæзт у, уый æмæ Дæгкайæн Залханы ракурын кодта. Ныр æнцой уыдзысты кæрæдзийæн оæ дарддæр царды зыны минут дæр æмæ цшы сахат дæр. Æмæ афон у Зæлинæйæн дæр йæ амонд ссарынæн. Гъе, уьий тыххæй на»л ардта зæрдæ æнцой йæкицæн. Хъазыбег зымæгон даряэнтæм ацыдис, цæлгæй фос хохы хизæнтæм раскъæрын кæна, уый тыххæй. Хох-мæ нал ацæудзæн Алтег, æрæджы куыд фыста, афтæмæй. Ахуырмæ цæуы... йæ рæстæджы ахуырыл нæ фæцис, фæлæ уый ницы кæны... Р1е ’ргом æм куы фездаха, уæд ахуыр нæ, фæлæ айнæг къæдзæх дæр йæ риуæй афæлдахдзæн. Кæд Дафка йæ хъуыдыйыл фидар хæца æмæ йæ лæппуйы æнæ исты хъуыддаг бакæнгæйæ нæ уадза ахуырмæ, уæддæр разы у Зæлинæ, хæссинаг миййаг нæу æмæ цæрдзæн Дофкаимæ, Алтегæн ма æххуыс дæр кæндзæнис ахуыр кæнгæйæ. Институтмæ хъуамæ хаугæ бакæна. Кæодæр дæр экзаминтæ дæтгæ ракодта, фæлæ конкурсмæ гæюгæ нæ бахауд. Ныртæккæ та бахауыны тыххæй куысты характеристикæ тынг ахады æмæ ма майданæй хуыздæр характеристикæ цы хъæуы? 28^
Ахæм хъуыдытæ и.у бон дæр цух нал уагътой Зæлинæйы æмæ сæхи кæртæй дæр, рынчындоны асинтыл лæугæйæ дæр æнæрхъуыдыйæ кастис хъæуы бынмæ, фысты дзугтæ хъуамæ кæцырдыгæй æрбазындаиккой, уыцырдæм... — Цомут, цомут хъæуы бынмæ, нæ фиййæуттæ сыздæхтыстьг æмæ сын æгаоцуай зæгъæм, — дзырдта Дзибус, кæй уыдта, уыдонæн æмæ йаахæдæг дæр фæраст Дæгкаимæ хъæуы бынмæ. Дæшаты дуармæ куы æрхæццæ сты æмæ Зæлинæйы кæрты лæугæ куы ауыдтой, уæд уымæ дæр бадзырдта, зæгъгæ, сæм, дардмæ фæдисы куы фæцыдтæ, уæд сын хæстæгмæ æгасцу зæгъьшмæ нæ хъавыс? Фæкаст Зæлинæ хъæуыбынырдæм, фос æрба’окъæрæн кæцырдыгæй уыдис, уырдæм æмæ федта: чысыл кæм фæуырдыгау, уыцы ран бурбын урс адардта цъæх кæрдæджджын быдыр — уый æрбахæццæ сты хъæуы фиййæуттæ æд фос зымæгон хизæнтæй. Фæндаг зын вæййы æмæ куыдæй схæццæ сты? Тæвды дзы фиййæуттæ арæх фæрынчынтæ вæййынц, зиантæ дæр æрцæуы фосыл дард фæндагыл скъæргæйæ, фосæй чи къуылых ныввæййы, чи цы æмæ... Уынгты ахъахъхъæдта Зæлинæ æмæ хъæуы бынмæ бирæ адæм цæугæ куы федта къордтæ-къордтæй, уæлдайдæр сылгоймæгтæй, уæд хъуыды дæр ницæуылуал акодта æмæ араст адæмимæ, йæ амондæн ын ацы бон рынчындоны ахæм ахсджиаг куыст дæр ницы фæци. Доны фаллаг фарс обауыл æмæ йæ алы фæрсты адæм ныдздзыгуыр сты. Ботас куы фæзындис Хъазыбегимæ, сæ иннæ фиййæуттæ сæ фæдыл, афтæмæй, уæд сын къухтæ исыны бæсты къухæмдзæгъд сарæзтой. Уæртæ галиуфарсырдыгæй цæуы Алтег. йæхи нæ адаста æмæ йæ рихитæ сау дарынц. Йæ нымæтын худ разæй хæрдмæ сфæлдæхта бæрзонд æмæ домбайы лæппыны цæсгомау тыхджынтæарæзт цæсгом æрхуы хуызæй хурмæ æрттиш. Хæдонæй суанг дзабырты онг йæ дарæс афтæ аи.в æмæ хæрзæлвæст уыдис, æмæ цыма хъазты чызг рахонынмæ фæцæуы, æмæ ныртæккæ къухтæ фæйнæрдæм фæгсæндзæн æ^мæ чызджы фæстæ 284
асирдзæн, йе ’уæнгтæ змæлгæ дæр нæ фæкæндзысты, афтæмæй, афтæ зынд-ис. Нæ фезмæлид кафгæиæ, йæ риуыл цы майдан ауыгъд ис, уый дæр. Даугитæ йын æй тыххæй бакæнын кодтой æмæ-иу куы фæфиппайдта, адæмæй йын бирæтæ йæ хорзæхмæ кæсьгнц, уый, уæд-иу фефсæрмы æмæ фæсырх. Зæлинæ адæмы разæй ауыдта Дофкайы дæр. Уый лæууыдис иу ран æмæ йæ лæппуйы цæсго-м куы нæ уыдта, уæд катай кæньгн байдыдта — иунæгмæ низ дæр æмæ фыдбылыз дæр æмхицдæр сты. Зæлинæ мады катай куы бамбæрста, уæд æфсæр•мыл дæр нал ахъуыды кодта, афтæмæй бауад обауы цъупмæ, дæлæмæ йæхи æруагъта æмæ къахæгау бафарста Дофкайы: — Дофка, куыд дæм кæсынц нæ фиййæуттæ? — Ам куы дæ ды дæр, Зæлинæ, мæ уд дæ фæхъхъау æрбауа! Фиййæуттæ хорз сты бæргæ, фæрнджын фæндæгтыл фæцæуой, фæлæ та м«ах æвзæр лæппу семæ куы нæ ис, уæд хъуамæ кæм фæфæстиат уыдаид? Зæлинæ йæ дзыхыдзаг ныххудтис æмæ йæ къухæй ацамыдта: — Рихиджынмæ кæс æмæ дзы дæ фыртæй исты бæрæггæнæнтæ кæд ссарис. Рихитæ рауагъта, уый дын куыд ничи загъта. — Уый у? Æцæг уый куы у, мæ уд йæ нывонд фæуа. Йæ фыд дæр хæсты размæ, лæппу ма куы уыдис, уæд иу хатт рихитæ рауагъта æмæ ныр рихитимæ йæ фыды хæрз хуызæн у, — мадæн йæ цæстытæ цæссыгæй айдзаг сты. Фиййæуттæ æмраст цыдысты обауы тигъмæ, Дæгка æмæ Дзибус кæм лæууыдысты, уырдæм, Ботас йæ худы тылдæй арфæ кодта æмдзæгъдгæнæг адæ.мæн. Уæдмæ Алтегыл фæсивæд амбырд сты æмæ сæ хъæлдзæг ныхас хъуысти. Адæм иу ранмæ куы æрæмбырд сты, уæд Дзибус загъта: — Хорз адæм, митинг нæ кæнæм. Нæ фиийæутты куыстытæ куыд ацыдысты зымæгон дарæнты, уый тыххæй нын иу-дыууæ ныхасы изæры сæ хистæр Ботас зæгъдзæн... — Дарддæр дзурын йæ къухы нал бафтыд. 285
Æфсинтæ, уæддæр та æфсинтæ, чидæр дзы фæрæвдз ис, уæдмæ æ^мæ рарвыста обаумæ бæгæныйы æнæхъæн стыр дурын, фæзынд обауыл кæцæйдæр арахъхъ дæр æмæ чъиритæ дæр. Дынджыр хъæзын къусы дэаг бæгæны февзæрдис Ботасы къухы, йæ фарсмæ цы зæронд лæг лæууыдис, уый къухы фæзындис арахъхъысьжъа. Лæшутæ бæгæныйы дурын размææрбайстай, сæвæрдтой йæ зæрæдты раз æмæ йын йæ уæлæ чъиритæ æрæвæрдтай. Адæм фæхъус сты. — Гъей, нæ хъæуы æмæ нæ адæмы фидауцæн бирæ фæцæрай, Дофка! Зæгъгæ мын æй куы нæ чындæуа, уæддæр дын де ’рмдзæф зонын æмæ адон дæ бæрæчет сты. Дæ иунæг фесгуыхти æмæ йын ам куы раарфæ кæниккой адæм, уы;й дæ фæнды æмæ дын цæрæд амондимæ, — загъта Ботас. — Куывд, дам, хæдзары уььдзæн, Ботас, уьлй афтæ æгасцуай зæгъынæн рарвыста, Алтегимæ цы хистæртæ æмæ кæстæртæ уыдис, уьгдонæн, — чидæр схъæр кодта, Дофкайы раз чи лæууыд, уыдонæй. — Арфæгонд у, арфæгонд, — загъта æмæ ра^куывта арахъхъ кæмæ уыд, уыцы хистæр. Бирæ хсфздзинæдтыл фæдзырдта æмæ йæ куывд фæцис: — Дунейы арвыл ныртæккæ уазал мигътæ ис, фæлæ нæргæ æмæ цæвгæ куьгд нæ ныккæной, хуыцау сæ афтæ æрбамбырд кæнын ма бауадзæд. Хуыцау нын сабиты æмæ æппæт адæмы дæр уьщы æнамонд атомæй-бомбæйæ бахъахъхъæнæд, — æмæ нуазæн авæрдта Алтегмæ. Уый æрмæст йæ былыл бандзæвын кодта сыкъайы æмæ йæ æндæр хистæрмæ балæвæрдта. — Хорз адæм, нæ бæлццæтты уал сæ фæллад суадзын бауадзæм, стæй куы фæизæр уа, уæд клубмæ æрбамбырд уыдзыстæм, ам чи нæ ис, уыдонæн дæр фехъусын кæнут, æмæ куыд æмбæлы, афтæ бацин кæнæм нæ бæлццæттыл, — рахъæр кодта обауæй Дзибус12 Уыцы афон хъæуы змæлæг нæ уыднс искуы иу лодыр, кæнæ кусын йæ бон кæмæн нæу, ахæм сахълт 286
лæгæй фæстæмæ. Уалдзыгон куьгстытæ сæ тæккæ тынгыл уыдысты. Мондаджы зылдтытæ акодта Алтег хъæуыл, йæ уарзон бынæттыл æмæ дисоаг: цьгма хъæу ныронг цавæрдæр мигъæй æмбæрзт уыдис Алтегæн, ныр та ныйирд æмæ бынтон æндæрхуызон у, срæсугъд, афтæ йæм фаэкаст. Уый хъæуыл мигъ дæр нæ бадтис, рæсугъддæр дæр нæ фæцис, фæлæ уæтæртæм ацæуыны размæ æдзухдæр йæ цæстытыл носты мигъ бадтис æмæ йын уый йæхи хъæуы дæр дзæбæх уынын нал уагъта. Ныр ын йæ нозты мигъ зымæгон дарæнты дымгæтæ асырдтой, раирд сты æмæ дзæбæх уыны, йæ алфамбылай йæ хъæу куыд дзæбæх у, уый. Хъæуы уынгты адæм чысыл кæй уыдис, уый ма йьш цыма æхсызгон дæр уыдис, афтæ хатыдта Алтег. Цы иугай адæймæгтæ иыл фембæлы, уыдон ыл цин кæнынц, æппæлынц дзы æмæ сы-н æфсон уа, нæ уа, уæддæр ын бирæгъы кой ракæнынц. Алтег та рагæй дæр суанг ма скъолайы куы уыдис, уæддаар нæ уарзта, куы дзы-иу æппæлыдысты, уæд. Уæлдаидæр та йын йæ хуымæтæджы ницæйаг хъуыддæгтæ уæлахиздзинадыл банымадтой. Æмæ ма цинтæ гъа, фæлæ йыл чи сæмбæлди, уыдонæй йæ сæхимæ чи нæ хуыдта, ахæм нал уыдисЙæ зæрдæ цин æмæ хъæлдзæг уыдис, афтæмæй æрыздæхтлс сæхимæ Алтег. М^ад тарстис, исчи та йæ куы бахона, йæхн та куынæуал баурома æмæ æгæр куы бануаза, уымæй. Фæлæ бынтон æнæ нозтæй куы æрыздæхтис, уæд дзы йæ зæрдæ ныррухс. Стъолыл нæ, фæлæ йын тымбыл фынгьгл æрæвæрдта хæринаг æмæ нозт. — Хæргæ дæр акæн, мæ бон, æмæ нуазгæ дæр. — Нæй, нуазгæ нал. Цы фыдмитæ мын фæкодта, уыдон ын æгьгъæд фæуæнт, — æмæ сындæггай йæ сæр бынмæ æруагъта. Фынгæй графин æмæ агуывзæ буфеты тæрхæгыл æрæвæрдта, йæхæдæг фынджы уæлхъус æрбадтис æмæ тагъд .ахæрдтытæ кодта карчы дзидзайæ, адджын æм фæкастис карчы фыд уæтæрты фæстæ. Фынг йæхæдæг афснайдта. Стæй уатмæ ацыдис æмæ йæхи дасынмæ 287
’базнæлдта. Дызæрдыг м-а кодта йæ рихитæ адасыныл, адæмы æхсæн нал фидауынц æмæ сын дарæн нæй, уый йæхæдæг дæр æмбæрста, фæлæ ма дзы йæ хуыз уæддæр куы систаид, фæзывдис æм ахæм хъуыды дæр. Иу хапт ма йæ рахиз къухæй æрдаудта рихиты, стæй загъта: цæй цыфæнды уæд. йæхи дасгæйæ Алтегæн цæмæндæр йæ зæрдыл æрбалæууыдис, Суццаимæ куыд фембæлдысты фос сцæйскъæргæйæ, уый. Стыр атагъайы уыдис уый. Ахæм атагъаты сæмбьгрд вæййынц алыхуызы æвзæргæнджытæ æмæ фос давынц фиййæуттæй. Уымыты уæлдай цырддзасгдæр лæууын хъæуы фиййæутты. Дыууадæс лæгæн ахæ’М атагъайы зьгн бахъахъхъæнæн сты уыйбæрц фос. Уый зыдта зæронд фæлтæрд фиййау Ботас йæхæдæг дæр æмæ цуанон топпытæн оæ тæккæ хуыздæр радта Алтегæн. — Цу, мæ хур Алтег, схиз æфсæнвæндаджы бæрзоидмæ, уырдæм иууыл атагъа дæр хорз зыны. Дæуæй цырддзастдæр æмæ хъавагдæр нæм нæй. Æрмæст куы фехсай, уæд-иу амон, фыдгæнджытæ кæцырдыгæй сты, уый æмæ сæ асурæм. Хистæрты ныхмæ цы зæгъæн ис? Райста топп Алтег, йе ’ккойы йæ бавæрдта, йæ къухтæ йыл æрцауыгъта, афтæмæй фысты æмдзу кодта æфсæнвæндаджы бæрзондыл. Æвиппайды атагъайы ф’але, стыр фæндагæй бирæ ацырдæмдæр, быдыры, ауыдта дыууæ уæзласæн машинæйы. Цы т йын æй базонын хъуыд, уыдон æиæ фыдбылыз кæй иæ ныллæуудзысты, уый æмæ сæм йæ цæст дардта. Иу ран атагъайы, хъæд уæлдай бæзджындæр кæм уыдис, уым къалиутæ базмæльгдысты. Уалынмæ кæроннаг стыр хæрис бæласы бынмæ рагæпп кодта Суцца. Р1æ фæдыл фæзындис Захар дæр, фæлæ йæм Суцца фæзылдис, йæ иу къух йæ былтыл авæрдта æ^мæ йын иннæ къухæй ацамыдта, ды уал уым æмбæхстæй лæуу, зæгъгæ. Суцца йæхæдæг æфсæнвæндаджы хæрды, куыд нæ фæбыра, афтæ йæ къæхтæ цæхгæрмæ æвæргæ цыдис хæрдмæ, Алтегмæ. йæ дзаумæттæ уыдысты хуылыдз, бæрæг уыд, ятагъайы æртæх нæма сыстад, уьщы бæзджынты фæбырыдис, нæ цырыхъхъытæ суанг сæ хъус288
ты онг уыдысты цъыфтæ — æвæццæгæн атагъайы цъьшараты фæцыдис. Фæлæ ам цæмæн фæзынд, цæмæи базыдта, Алтег ацы дзугимæ ис, уый, ууыл дис кодта лæппу. Уæдмæ Суцца сирвæзтис фæндаджы æмуырдыгауæй æмæ хизгæ нæма окодта, фæлæ фæуæле, ууыл йæ зæрдæ куы фæдардта, уæд сдзырдта: — Гамарджели, апханакъо! — Гамарджели нæ, фæлæ гамарджоба, кæд ам хæстæг искуы гуырдзиаг уыныс, æмæ йын салам раттынмæ хъавыс, уæд. — Хуыцауы тыххæй ирон дæ... Гуырдзиаг нымæтхуд дыл ис æмæ... — Уый мын мæ гуырдзиаг æрдхæрдтæ ралæвар кодтой. Фæлæ дæу, Суцца, емынæпы куы стухиккой, уæддæр дæ æз базонин. Уæд дæуæн цæй зын базонæн сиеты дæ зонгæтæ... — Фæлæуу-ма, фæлæуу! Д-æ иыхас мæм бæлвырд кæйдæр ныхасы хуызæн кæсы, фæлæ йæ æрцахсын мæ бон нæу, — афтæ дзургæйæ Суцца схызтис фæндаджы лæгъзмæ æмæ хуылыдз дзылы цъиуау гуыбыр-гуыбыр хæстæгдæр цыдис, йæ къухтæ йæ гæлифейы дзыппыты даргæйæ æмæ йын йæ цæсгоммæ комкоммæ кæсгæйæ. — Æмæ мæ дардмæ куы нæ базонай, уæд хæстæгмæ цы базонинаг дæн? — Мæ мæрдтæ куыдзы сæртæ бахæрæнт, ды Алтег дæ, — сонт хъæр фæкодта Суцца, — базгъордта Алтегмæ æмæ йæ йæ хъæбыеы ньжкодта, схæстытæ йыл кодта, фæлæ йæ сæнкъуыеын кæнын дæр не ’сфæрæзта. — Захар! — ахъæр кодта йе ’мбалмæ Суцца, — рацу ардæм, ай мæнæ нæхи Чъертто куы у (ног ном авæрдта Алтегьгл). Æмбæлттæ фыццаг фæрстытæ куы аколтой кæрæдзийы, уæд комкоммæ ныхаомæ рахызтис Суцца: — Ды дæ ам, уый нæ зыдтам, фæлæ хъуыддаджы фæдыл кæй æрцыдыстæм, уый дазхæдæг дæр æмбардзынæ. — Æмбарын. Райдайут хъуыддаджы ныхас, — æлхыскъгæнæгау загъта Алтег, уымæн æмæ æмбæрста, цавæр ныхас кæндзысты, уый. 19 Адæм адзим сты 289
— Дæхи загъдау, æз дæр афтæ æнæсæрфат цард кæдмæ кæндзынæн æмæ мæхицæн бинонты хъуыддаг куы бакæнин, зæгъгæ, суынаффæ кодтон. — Тынг дæсньг уынаффæ у уый, — хъавæн ныхасмæ рахызт Алтег, — æрмæст-иу чызджытæй къабазджындæртæ чи уа, ахæм равзар, кæннод ма уый дæр дæу хуызæн куы уа, уæд лæджы ном фидисгæнинагчл кæны, ахæ,м пародæ рауадздзыстут. — Уый фос чи фæдары, уыдон февзарьшн, пародæтæй, æндæр ницы æмбарынц æмæ. Фæлæ уыцы ныхас адæймæгтæм нæ хауы, — тынг фæмаст Алтеджы ныхас Суццайæн æмæ йæ ныхас бауромын йæ бон нал уыдис. — Цæй, иннæрдæм дæ куы ахызтис мæ хъазæн ныхас. — Раст у дæ ныхас. Хъуыддагмæ рахизæм... Мæхицæн бинонты кой кæнынмæ хъавын æмæ дзы, нæ ирон æгъдæуттæм гæсгæ, æнæ цалдæр кусарты бахъæугæ нæ фæвæййы. — Æмæ уæ мæнæй та цьг бахъуыдис? — Мæнæ мины æрдæг айс .иу фондз фысæн... —■ Мæнмæ мæхи фыстæ нæй. Ацы фос колхозы сты æмæ уьш ныхас кæнын хъæуы- сæ балхæныны тыххæй. — Æмæ дæ сæ мах дæр æлхæнгæ нæ кæнæм, — сабырæй загъта Захар, — мæнæ мины æрдæг... Цæй, мæ хардзæй æртиссæдз туманы фæуæнт... Æртиссæдз туманы айс æмæ дæ фосы фæдыл сындæггай цу. Мах нæхи бар ауадз. Суцца иннæ фиййæугты фæфæливдзæн æмæ мах фондз фысы машинæмæ’ баппæрстытæ кæндзыстæм. — Ома, давгæ? Æз дæр уемæ давæг суон? — Цæй-ма, дзæгъæл ныхæстæ мя. кæн. Мæнæ дын фондз фысæн дæс æмæ æртиссæдз туманы æмæ нæ нæ фæндагыл ауадз. Æниу бинонты хъуыддаг кæнын, зæгъгæ, уаэд уыцы фондз далысы мæ хæлар Алтегæй -куы байсон, уæд цы диссаг у? — Алтегмæ фыстæ куы уаид, уæд йæ ныхас æндæр уаид, — загъта Алтег, — фæлæ мæм нæй, нæма сæ бакуыстон, колхозы номæй та мæ бон базар кæнын нæу. Суайут Дзибусмæ æмæ уын сæ кæд тумантьм ратдзæн, уæд та? 290
— Цæй-ма, Алтег, уьщы ныхæстæ мах дæр зонæм æмæ хъуыддаг цыбырдæр æмæ растдæр куыд хицæн к-æнгæ у, афтæ йæ ахицæн кæнæм. Ау, дæс æмæ æртиссæдз туманы æхца куы сты, уæд дæм иу бон æнæ фæллойæ уыйбæрц æхца æрбахауæд, уый амондыл ма нымай æмæ сæ ма ком1 — Уыдон амонды æхца нæ, фæлæ фыдбылызы æхца сты. Сæ бæрзæйыл рæхыс æфтыд ис æмæ ахæетонмæ ласынц. Ахæстон циу, уый та зоныс ды дæхæдæг, фæлæ йæ æз ныхæстæй куыд хъусын, афтæмæй йæ тынг хорз æмæ кадджын бынат нæ хонынц. — Æз æм дæ сæрыл бахаудтæн æмæ мæ бузмыг уæвыны бæсты, арфæ ракæныны бæсты ма мын уайдзæф дæр кæныс. Уый æмгардзинад нæу. — Цæй-’ма, Алтег! Фæндагыл уæ, дæ зæрдæйæ, фондз фысы йедтæ’м-æ нæ фæдзæгъæл сты, нæ уæ адавдæуыди, иокуьг хæмпæлты æмæ цъымаратьг нæ баззадысты уыйбæрц дзугтæй? Æмæ сыл ацы фондз фысы зынгæ дæр нал фæкæндзысты. Фæлæ нæ дзæгъæл цыд ма |фæкæнын кæ. — Дарддæр ма куы ныхас кæнæм, уæддæр бынтон дзæгъæлы. — А-а-а! — сонт хъæр фæкодта Суцца, — хæдæгай, майдан ын куы радтой, сыгъдæг партейнæй куы фестад æмæ йын ахæм хъуыддæгтæ кæнæн куынæуал ис. Йæ маст нал баурæдта Алтег æмæ уæззау фысахсæн лæдзæг бæрзонд фæхаста. Фæлæ дæсны уыд ахæм рæтты йæхи бахъахъхъæнынмæ дæр Суцца, йæхи мæгуыр æмпылдтæ акодта æмæ хъазæн ныхасæй загьта: — Стæ-ма, æрра! Мæн хуызæн гыццыл цæрæгоймæ ахæм дынджыр хæцæнгарз куыд систай. Гуыпп æмæ Суццайы тæригъæдджын уд æнæ таксийæ мæрдты бæстæм фистæгæй араст, уымæн æмæ уырдæм такситæ нæма уадзынц. Алтег йæ маст фæурæдта æмæ лæдзæг сындæггай зæхмæ æруадзгæйæ загъта: . — Майданы кой ма кæн. Уый ды дæ дзыхы кæй радавай, ахæм хорзæх нæу, кæннод дæхи бафхæрын кæндзынæ. — Алтег, мæсты ма кæн, фæлæ иын хуыздæр 291
дзуапл раттыны хъару нал соардзынæ дæхимæ? — бафарста йæ Захар. — Цом, цом, — зæгъгæ йæ фæдыл аласта, мæлдзыг куыд фæласы, афтæ Суцца Зжары æмæ фæндаджы дурыстæрд уырдыджы куы ныууадысты, уæд ма йæм уырдыгæй сыхъуыст Суццайы ныхас: — Цом, цом. Ныхас ма кæимæ бакæнай, уый ахæм лæг нал у. Уымæн майдан сæгъы дæлдымæг æрцауыгътой æмæ уый йедтæмæ ницыуал уыны. Фырмæстæй Алтег йæ лæдзæг йе ’уæхскмæ сæппæрста. Æрсуринаг сæ уыдис æмæ дзы Суццайы дзæбæх хъуамæ æрдаудтаид. Фæлæ сыл йæ къух ауыгъта... Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ Алтег йæхимæ бакастас айдæнмæ, уæдмæ йæхи даст фæцис æмæ йæ мидбылты бахудтис. Бахудтис, йæхæдæг йæхи зæрдæмæ кæй фæцыдис, уый тыххæй нæ, фæлæ, расьгггæнаджы æмæ хулиганы ном аппарыны хъару йæхимæ кæй ссардта, уый тыххæй. йæ дзауматæ куы аивта, куы скадта тар цъæкбын костюм, ног бур æрттиваг батинкæтæ æмæ йæ сæрыхъуын куыд ф^аста, афтæмæй æрбахызт дуарæй мад æмæ сагъдау лæугæйæ аззадис, цыдæр æхсьизгондзинад ын йæ зæрдæ фæцагайдта, фæлæ цы уыдис, уый йæхæдæг дæр æвиппайды нæ бамбæрста. Æрмæст æрæджиау фæхъуыды кодта: æнæ рихитæй Алтегæн йæ цæсгомы æцæг хуыз разындис. Иу рæстæджы йæ уадултыл зындис сырх фæткъуы цыма офыхтæуыдис, ахæм лыстæг æнцъылдтæ, цæстытыл бадтис цавæрдæр урс фæлм. Ныр дзы ахæмæй ницыуал уыд, æмæ та йæ цæсгом сæрттьивта, нуазын куы нæма райдыдта, уæд куыд уыдис, афтæ, тымбыл, æмыдзаг, æмæ та йæ цæстытæ кодтой чысыл æфсæрмыхуыз каст. Барухс мады зæрдæ йæ иунæгæй æмæ затьта: — Афтæ, мæ бон, афтæ. Алы рæстæгæн дæр йæхи дарæстæ ис. Рауай, дæ фæхъхъау фæуон, исты акомдзаг кæн æмæ правленимæ цæугæ, æрæрвыстой дæм. — Æмæ нырм’а ныртæккæ куы бахордтон. Стæй хуынды чи фæцæуьг, уый дæр ма хæдзары фæхæры? — Уыдон нырма кæд оцæттæ уыдзысты. Иу сахаты бæрц та адæм кæрæдзийæн ды сбад, ды сбад кæндзыс292
ты... Фæлæуу-ма, «ме ’гæр фæкалан, дæ майдан мæнмæ куы ис æмæ дын æй куы нæ радтон, — æмæ хæдзармæ фæраст. Алтег ма йæм фæстейы дзырдта, ма йæ рахæсс, уæддæр æй нæ бакæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ Доф’ка фæстæмæ йæ къух тылдта, ма мæ уром, зæгъгæ, æмæ хæдзарæй уайтагъд раздæхтие майданимæ. — Æнæ бакæнгæ дын æй нæй. Ахæм циндзинадмæ йæ ’куы нæ ахæссай, уæд ма йæ кæдæм ахæедзынæ. — Нана, ды дæр-иу æнæрцæугæ ма фæу, кæннод дæм мæхæдæг цæудзынæн хонæг. — Хорз, мæ бон, хорз. Æз дæр цæудзынæн, уæдæ цы кæндзынæн. Правленийы бирæ адæм баййæфта Алтег, чи бадгæ кодта, чи лæугæ æмæ афтæмæй ныхас кодтой. Афтæ хъæрæй дзырдтой æмæ уыцы гуыв-гуывы зын бамбарæн уыдис, чи дзы цы дзырдта, уый. Уым уыдысты Данел æмæ Даут дæр. Данел дæр сæмбæлд цины бонмæ. Се ’ппæтæн иумæ радта салам, стæй йе ’мгæртты къордмæ баздæхтис æмæ сын сæ къухтæ райета. Æмгæрттæй йын чидæртæ чысыл хæлæггæнгæйæ кæй кæсы йæ майданмæ, уый бафнппайдта Алтег æмæ фæсырх, фефсæрмы. — Махмæ та дзы кæд æрхаудзæн, махмæ, — сдзырдта фæсивæдæй чидæр, цы сæм хъуа^мæ æрхауа, уый кой дæр не ’окодта, афтæмæй. — Зæххæн йæ уд куы сластам æмæ йыл цынæ æрзайын кодтам, ахæм нæй, уæддæр дзы мах кой ничи кæньи. — Дугъ фæдис нæу. Сымахмæ дæр дзы тагъд æрхаудзæн, — загъта æндæр чидæр. Алтег правленимæ куы бацыд, уæд Дзибус йæ бандоныл иуварсмæ бадтис æмæ нæ федта Алтеджы æ,рбацæугæ, ныр сæм иу каст фæкодта æмæ Алтеджы куы ауыдта, уæд æрхæцыдис, кæимæ ныхас кодта, уы-й уæхскыл, бахатыр кæн, зæгъгæ, йæхæдæг сыстад æмæ фæсивæдырдæм рацыд. — Данел, Алтег, ам нæ ныхас кæнын нæ бауадздзысты. Цом фæлтау бухгалтеримæ æмæ уым аныхас кæндзыстæм, — æмæ йæхæдæг бухгалтерийы уатмæ яраст ис. Р1æ фæдыл араст сты Данел æмæ Алтег дæр, кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæ уæхсчытæ нæ зонæджы æл293
къывд фæкодтой. Кæд уымæ нæ дзырдтой, уæддæр Даут дæр сæ фæдыл ацыд. Бухгалтерийы агъуысты Дзибус йе 'м'бæлттæ,м раздæхт, йæ къухтæ сын сæ уæхсчытыл æрæвæрдта æмæ хæрз цыбырæй бафарста: — Цæй, кусынæй бафæлладыстут æви нæма? — Куы нæ кусæм, уæд нын чи цы ратдзæни? — Ахуырмæ дæ фæнды, Алтег? Мæпæ Данслы федде кодтам зымæджы æмæ ма йæ афæрс: хорз у æви нæ? — Уый мæ рагон бæллиц у! Зымæджьг дæр дын куы загътон уæтæрты. — Уæдæ махмæ ныртæккæ правленийы æмбырд уыд æмæ ахæм уынаффæ рахастам: хъуамæ нын хъæууон хæдзарады институты нæхи колхозонтæй сахуыр кæна зоотехник дæр. — Мæнæн та цы кæнут, мæ фыд Ботасы хуызæн мæ æнусон æнахуыргонд фиййауæй ныууадзынмæ хъавут? — тæргай сывæллоны хуызæн бахъуыр-хъуыр кодта Даут. — Фæлæуу, Алтегимæ уал нæ ныхас фæуæм, стæй дæ уынаффæ дæр кæндзыстæм, — æмæ та баздæхт иннæтæм. — Æз райсом горæтмæ цæуын æмæ хъуамæ институты директоримæ баныхас кæнон сæрды мæйты дæм куыд фæкæсой экзаминтæм дæхи бацæттæ кæнынмæ, афтæ. Æвæццæгæн дын сæрды мæйты дæ фæллад уадзыны фадат не ’рцæудзæшс. — Уый ницы кæны, — загъта Алтег. Дзибус баздæхт Даутмæ æмæ йын загъта: — Дæу тыххæй та афтæ бауынаффæ кодтам: зымæджы фæсивæды æхсæн куыст фæлæмæгъ æмæ ма дын нырмл уадзæн нæмл ис. Стæй иннæ аз ды дæр афардæг уыдзынæ, кæцы институтмæ дæ фæнда, уырдæм. Даутæн хъыг уыди Дзибусы ныхас, цыдæр зæгъынмæ йын хъавыд, фæлæ Дзибус йæ разæй фæци: — Цæй, ныр цæугæут клубмæ, афонмæ адæм æнхъæлмæ кæсынц. Сæ размæ фæцис Дæгка. — Цæй, цомут, цы ма фæстиат кæнут, — æмæ иумæ куы ацыдысты, уæд Дзибусмæ радта къонверт, — 294
акс-ма, куы м’æ фæцæйрох кодта. Абон мæм дæписмо радта постхæссæг æмæ дыл куы амбæлын, уæд мæ æрбайрох вæййы. — Кæмæй у? — фæрсгæйæ Дзибус мæйы рухсмæ кастис къонвертыл бынæй цы адрис уыд, уый. Фæлæ дзы ницы равзæрста æмæ ныуулæфпæйæ загъта: — Ехх, кæдмæ уыдзæиис мæй нæ иунæг электрон цырагъ? — æмæ дарддæр клубмæ цыдысты æнæдзургæйæ. 13 Хæрз чысыл рæстæг ахаста, цины æмбырдæн йæ официалон хай кæй фæхонынц, уый. Уыйфæстæ Хъазыбег бакастис правленийы уынаффæ, зымæгон дарæны фиййæуттæн премитæ раттыны тыххæй. Премитæ чи райста, уыдонæн адæм æмдзæгъд кодтой. Æмдзæгьды æхоæнмæхсæнты хъуысти кæйдæрты хъæртæ: — Ныр та ма цы зæгъдзæн Дофка, йæ фыртæн чындзæхсæв скæныны тыххæй, йæ преми æртæ чындзæхсæвы фаг куы у, уæд?! — Махæн нæ чындзæхсæв фæхицæн кæнæд, æндæр чындз æрхæсса, æви не ’рхæсса, уый йæхи хæдзары хъуыддаг у! Къухты æмдзæгъд-иу куы фæлæмæгъдæр, уæд хъуысыдис Дофкайы дзурын дæр: — Æмæ мæ уæд цæмæй тæрсын кæнут? Æнæ уыцы преми дæр мæм ис ныртæккæ хорз чындзæхсæв цæмæй саразон. Ракæнут ма мын чындз мæ хæдзармæ, кæддæра уæхæдæг уæхицæн цавæр чындзæхсæв ацаразиккат нæ «æрты. — Налхъуытæ (афтæ хуьцдтой иу дæс æмæ дыууиссæдз азы кæуыл цыдис, ахæм фыдхъазаг бадæгчызджы)! Налхъуытæ, дæ хорзæхæй, дæхи фæрæвдз кæн, æнæ хай нæ ма фæкæн ахæм чындзæхсæвæй, — хъæр (кодта фæсивæды æхсæнæй, Готтан чи хуындис, уый. Налхъуытæ йæ куы федта, уæд æм уый дæр, адæм æй иууылдæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ адзырдта: — Æмæ, Готтан, дæ рын бахæрон, æз ацы кармæ дæу тыххæй куы фæбадтæн æмæ нæ нæ хъысмæт царды ’иу куы кæны, уæд цы» бакæнæм Алтегæн та ма? 295
Фæсивæд куыд рæвдз сты, æвæдза! Куыддæр æмбырд фæцис, афтæ февнæлдтой, бæстæ гыбар-гыбур скодтой æмæ бандæттæ фоэйы балæууын кодтой. Бандæттæ ма уыцы рæнхъ-рæнхъæй лæугæ аззадысты æрмæст къулрæбынты. Сценæйы фæзындысты фæндырдзæгъдджытæ. — Бадæн кæмæн ис, уыдон бадгæ скæнæнт æмæ райдайæм. Ам алчидæр йæхи чегъре кæна, уый нæ рауайдзæн, уымæ гæсгæ чегъре уыдзынæн мæхæдæг æмæ мæм иууылдæр хъусут, цы уын кæнын кæнон, уый æнæ фæстæмæдзургæйæ æххæст кæнут. Ам уын колхозы бригад кæй нæу æмæ уын æз та бригадир кæй нæ дæн, уый зонут, — хъазгæйæ хъæрæй дзырдта Данел, стæй йæ къухьг цы цыбыр лæдзæггонд уыдис, уый йæ сæрмæ бæрзонд систа æмæ йæ зæххырдæм æруагъта. — Уæвгæ ды профессортæм фæхæстæгдæр дæ, — загъта чидæр, фæлæ ныхас уынæры аныгъуылд. Æмцагъд æркодтой фæндырдзæгьдджытæ, сæ цагъд æмæ къухæмдзæгъд клубы залы ньшнæрыдысты. Данел йæ лæдзæгæй зæхх рахахх кодта æмæ чызг кафынмæ куы рахызтис, уæд лæдзæг Алтегмæ баппæрста, йæхæдæг йæ къухтæ хæрдмæ систа æмæ чызджы фæстæ сиргæ ацыдис... Хъазт цыдис рæвдз æмæ" адæм тынг хъæлдзæг уыдысты. Зæрондæй, ногæй — иуы дæр æнæ кафгæ нæ уагъта Данел æмæ арæх худын хъуысыдис. Симдмæ куы рахызтысты, уæд та бандæттыл иокуы иу йедтæмæ бадгæпæ нал баззадис. Арæх нæ кафыдис æрмæст Дзибус. Уымæн йæ зæрдæ рыстис, ацы хъæлдзæг адæмы æхсæн Валя кæй нæй, уый тыххæй æмæ кафын йæ зæрдæ нæ куымдта, фылдæр бадгæ кодта. Æлщад кæсгæйæ бафиппайдта — Алтсг мидбылты худгæйæ Зæлинæимæ симгæйæ цыдæр ныхæстæ кæ’ны. йæ зæрдыл æрлæууыд, Дæпка йæм цы писмо радта, уый. Йæ дзыппæй йæ фелвæста — писмо разынд Валяйæ. Фæлæ йын ам адæмы æхсæн сыхалæн æмæ бакæсæн нæй æмæ йæ сындæггай фæстæмæ йæ дзыппы цæвæрдта. Æмæ та касти симджытæм. Бамбæрста Дзибус, Алтег æмæ Зæлинæ сæхи куыд дарынц, уымæй рапсом дæр цæттæ кæй сты чындзæхсæв саразын296
мæ. Кæд ма лæппуйы, ахуырмæ кæй цæуы, уый баурома. Сььстад Дзибус, райсо,м тынг раджы цæуын горæтмæ æмæ ма мæ цыдæртæ ацæттæ кæнын хъæуы, зæгъгæ, уый æфсонæй рацыдис сæхимæ. Буцинæ йын йе ’рцыдмæ хæринаг хъармæй дардта, кæд зыдта, се ’мбырды дæр сын иучысыл абадт кæй сарæзтой, уый, уæддæр. Фæлæ, æфсæст дæн, зæгъгæ, хæрын нæ бакуымдта æмæ йæ уатмæ ацыд. Куыддæр йæхи хуыссæны æруагъта, афтæ Валяйы писмойы къонверт ськхазлдта æ’мæ йæ кæсын райдыдта. «Мæ зынаргъ Дзибус! Фыссын та дæм писмо, мæ хабæрттæ та фæкæнон. Мæ амонд мæ хъысмæтыл уæлахиз кæны, æнæгуырысхойагæй дзæбæхæй-дзæбæхдæр кæнын. Ныр æнæкъуылымпыйæ цæуын райдыдтон. Рæстæг даргъ кæй хæссы, уый у æвзæр, фæлæ фыццагау кæй суыдзьшæн, ууыл мæхæдæг дæр æмæ мæ чи дзæбæх кæны, уьщы профессортæ дæр дызæрдыг нæ кæнынц. Фæлæ сæм æз иу хъуыддаджы тыххæй мæсты кæнын—фыосын æмæ мæ кусын нæ уадзыцц, ныр дæр мæнæ мæ дзæбæхгæнæг профессор мæ рæзты ацыд дыууæ хатты æмæ сабыргай дзуры: цыбырдæр, цыбырдæр! Дæхи ма фæллайын кæн, фæлта^у чингуытæ кæс æмæ дæ иервытæ сабырдæр кæной. Æмæ писмо цыбырдæр ныффыссин, фæлæ сæрмæ хъуыдытæ куы æфсæрой, уæд уымæн та цы бакæнæн ис? Куыройæн донмарæн куыд вæййы, афтæ хъуыдытæн дæр сæрæй иу фарс фæкæнæн куыд уа, ахæм исты куы æрхъуыды кæниккой дохтыртæ, уæд бæргæ, фæлæ цы бачындæуа. О, æмæ дын мæ хъуыдыты кой кодтон. Абоны хъуыдытæ не ’сты, фæлæ сыл рынчындоны цас хъуыды кæнын, уыйбæрц фылдæр æмæ бæлвырддæрæй зьинынц мæ размæ. Хъуыды кæнын нæ районы колхозты пълантыл дæр. Бирæ цыдæртæ дзы ашвинаг, срастгæнинаг ис, цæмæй нæ районы экономикæ къаадæр-уæддæр иу æмæ æрдæг хатты фæфылдæр уа. Нæхи колхозæн пълантæ бæргæ фæцарæзтон, фæлæ цыдæр æдылы æфсæнттæ фесты мæ размæ æмæ мын сæм не ’ркастыстут. Фыццаг уыдис, æмæ ма уæд æрыгон сæрдар уыдтæ, куыддæр ахуырæй æрыздæхтæ, афтæ дæ равзæрстоп. Æмæ 297
дын æвиппайды дæ разы пълантæ куыд авæрдтаин, уый мæм æгæр тæлтæгдзинад .фæкаст. Уый фæстæ мæ ;курынмæ фæдæ æмæ уæд та ме ’дылы зондæй афтæ хъуыды кæнын райдыдтон, зæгъгæ, ныртæикæ пъланты кой кæнын фидаугæ дæр не ’скæндзæн. Цыбырдзырдæй, æдылы хъуыдытæ, æндæр ницы. Кæй фæцарæзтон, уыцы пълантæ Залханмæ бæргæ сты, фæлæ ныр* тæккæ нал бæззынц. Колхозты тыххæй цы ног уынаффæ ’ис, уыдон ноджы бирæ фылдæр фадæттæ дæттынц куыст фæхуыздæр кæнынæн æмæ пълантæм дæр ногæй æркæсын хъæуы. Ма мыш худ, Дзибус, ахæм хъуыдытæ мæм кæй ис, уый тыххæй. Уæдæ æнхъæлмæ гæсгæйæ хъуыдытæ дæр ш ма кæнон. Тагъд сдзæбæх уыдзынæн æмæ уæд æркæсдзынæн уьицы хъуыдытæм дæр. Æрмæст нæ зонын МТС-ы фæстæ РТС-ы кусгæйæ баззайдзынæн, æви нæ, нæхимæ мын, дæу къухы, кæй зæгъын æй хъæуы, кусæн нæ уыдзæн... Уæ фенынмæ хуры фендæй тынгдæр бæллын, уæлдайдæр дæхи уындмæ, фæлæ цы гæнæн ис, сдзæбæхы бонмæ æнæ æнхъæлмæ кæогæ нæй. Мæ фыны дæ арæх уынын æмæ уал мын уый дæр æгъгъæд у. Хатыр та мын ракур Буцинæйæ, мæ къæхтыл ма куы слæууон, уæд ын йе ’ппæт хорздзинæдтæ дæр бафиддзынæн, кæд уыйбæрц хорздзинæдтæн бафидæн ис, уæд. Саламтæ нæ хæлæрттæн се ’ппæтæн дæр. Залханы сыеæрджыны хъуыддаг мæм æраэджы фыстой æмæ йыл цин бирæ фæкодтон. Цæй уал. Дардмæ дын хъæбыстæ кæнын. Дæхи Валя». Писмойæ барухс Дзибуоы зæрдæ: уæдæ фыццаг куыд уыди, афтæ сдзæбæх уæд, æндæр рæстæг кæй ныддаргъ, уымæй нæ фæтæрсдзæн. Аст æмæ соæдз азы æнæ усæй куы фæрæзта, уæд ын аз, дыууæ азы цы бафæразын хъæуы. Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ писмо йæ фарамæ тумбæйыл æрæвæрдта, ахуыссын кодта цырагъ æмæ йæ къухтæ йæ нывæрзæны, афтæмæй цармæ кастис æмæ хъуыды кодта, В.аля колхозы куыстытæн цыхуызæн пълантæ сарæзта, ууыл. Иу рæстæг æм клубырдыгæй фехъуыстис фæсивæды зарæг. Зарæг чи амыдта, уый 293
Алтег кæй у, уый уайтагъддæр базыдта, ахæм хъæлæе никæмæн ис хъæуы æндæр. З.арджыггæ æрцыдысты Дзибусы уынгты, æмæ, зарæгæй куыд бæраэг уыдис, афтæ,мæй æрлæууыдысты Дофкайы кæрты дуармæ. Стæй та ногæй зарæг фехъуыст æмæ дарддæрæй хъуьгсын райдыдта. Æрмæст амонæг Алтег нæ, фæлæ æндæр чидæр уыд. «Цымæ Зæлинæйы ракурдзæн, æви йæ ахуыр фæуынмæ æнхъæлмæ кæсдзæн? Амондджын у, Зæлинæ «æй хай фæуа, уый... Уæвгæ Алтег амондæй иуырдыгæй дæр хъуаг нæу, иучысьгл йæ фæндаг йæхæдæг куы нæ ныжъкъуылымпы кодтаид, уæд. Цæй, уыдон æнæ мæн дæр агурдзысты сæ фæндаг, мæн райсом тынг раджы цæуын хъæуы горæтмæ», — афтæ ахъуыды кодта æмæ афынæй... Цалынмæ клубы циндзинад кæронмæ фæци, уæдмæ дзы баззад Дофка дæр. Æхсызгон ын уыдис, Зæлинæ æмæ Алтег куыд æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл, уый. Хъазтизæр куы< фæцис, уæд дæлæсыхы æвзаргæдæр лæппутæ æрбатыгуыр стьг Алтеджы алыварс. — Цæй-ма, — зæгъынц, — Алтег, исты зарæг нын ныззар -æмæ дын бахъырнæм, рагæй дын куынæуал хъырныдтам. Алтег йæ диссаджы рæсугьд хъæлæсæй ныццамыдта æплæты фыццаг йæ уарзон Бæтæйы фыртты зарæг, бахъырныдтой йын иннæ фæсивæд æмæ рараст сты уынджы дæлæмæ. Сæ фæдыл рараст сты устыты къорд дæр, зарæгмæ хъусгæйæ. Уыцы устыты æхсæн цыдис Дофка дæр. Хъæлдзæг уыдис Дофкайы зæрдæ апьг æхсæв, чи зоны, йæ иунæгæн сидзæргæс куы баззад, уыцы бонæй фæстæмæ куыд никуььма хъæлдзæг уыдис, афтæ. Æмæ хъæлдзæг дæр куыд нæ уа? Тагъд йæ иунæгæн Зæл’инæйы æрхæсдзæн æмæ Дофкайæн фæзындзæн ног зæнæг... Адæмьг сæхимæ зæрдиагæй хуьгдта, фæлæ, æвæццæгæн, сæхимæ кастысты, æгæр бирæ кæй сты, уый уыдтой æмæ бацæуын тынг кæй фæндыдис, уыдон дæр пал бакуымдтой. Хæдзармæ куы бацыдысты Доф’ка æмæ Алтег, бандæттыл уæззау бадт куы æркодтой æмæ иудзæвгар куы 299
абадтысты, уæд мад баздæхтис фыртмæ, йæ цæсты* тæм ын комкоммæ ныккаст æмæ йæ бафарста: — Цæй-1ма, мæ уд дæ нывонд фæуа, Зæлинæйьг тьгххæй мын мæ минæвæрттæ Дæгкамæ æрвитын уадзыс æви нæма? Алтеджы цæсгом асырх ис æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта, стæй æфсæрмы хуызæй загъта: — Æз дын хъуамæ цы дзуапп раттон? — Цы хуыздæр у, уыцы дзуапп, дæ рынтæ бахæрон. Нæ дын хотæ ис, нæ дын æфсымæртæ æмæ дæ мæхи йедтæмæ æндæр кæмæн бафæрсын кæнон? Стæй ныр адæм афтæ æнæзонд нал сты. Уыцы æгъдæуттæ рæсугъд уыдысты сæ рæстæджы. Ныр адæм сæхицæн ног, æнцондæр æмæ рæсугъддæр æгъдæуттæ агурынц. Зæгъ, мæ бон, Дæгкамæ мæ минæвæрттæ барвитон æви нæ? — Нæ, нана, кæд мæ’ æргомæй фæрсыс, уæд. — Цьг хабар у? Нæ разы кæны æви куыд? — фæтарст Доф-ка. — Уый тыххæй нæу. Фæлæ мæн ахуырмæ цæуын хъæуы тагъд. Изæрьи нæм уый тыххæй фæдзырдта Дзибус. — Уый мæн æппындæр ницы хъыгдары, Афтæ иу æмæ дыууæ нæ ахуыр кæнынц. Чызг мæ хæдзарæй цæуа куьютмæ æви йæ фыды. хæдзарæй, уый цы хъауджыдæр у? Бафæлмæцыдтæн æз дæр хæдзары иунæгæй, дæ рынтæ дын бахæрон, адæймаг цины бон йæ цин кæмæн аппæла, зыны бон кæмæн рахъаст кæна, ахæм дæр ничи ис мæ разьг, иунæг дæн дыууæ æмæ ссæдз азы, дæ фыд æнæ хъаст, æнæ мастæй йе ’фсылгæртæй йæхи куы рахицæн кодта, уæдæй нырмæ æмæ нал у иунæгæй мæ бон. — Зонын дæ, нана, тынг дæ æмбарын. Зымæгон дарæнты дæр æппынæдзух хъу.ыды кодтон, иунæгæй дын куыд æнкъард уыдзæн, ууыл- Ахуырмæ куы ацæуон, уæд та фылдæр рæстæг баззайдзынæ иунæгæй. — Æмæ мæ ма ныууадз иунæгæй уьщы даргъ рæстæг. йæ рæстæджы афыдæнæнтæ кодтай, институтмæ кæй нæ бахаудтай, уый тыххæй. Æндæр Зæлинæ дæуæй яфæдз кæстæр у æмæ йæм кæсыс, æнæхъæн рын300
чындоны хицау у. Ды дæр афонмæ дæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодтаис æмæ дæ ’мæт нал уаид. Фæлæ дын ныртæккæ дæр æнæ ахуыр кæнгæ кæй нæй, уый зонын æмæ фæндараст фæу, фæлæ мæнæн дæр мæ хъуыддæгтæ сæхи бар ауадз. — Куы уал ныууадзис ацы хъуыддаг, уæд мæм хуыздæр кæсы. — Æмæ уæдæ фондз азы дæргъы цары хъæдтимæ ныхас кæндзынæн æви кæимæ? Ды мын зæгъ æрмæст — Зæтинæйы ныхасæй мын Дæгка мæ уазджыты рарвитдзæн æви нæ? Цыма кæрæдзимæ æвзæр цæстæй нæ ,кæсут, афтæ мæм куы кæсы? — Уыцырдыгæй дзы къуылымпыйагæй ницы ис. — Уæдæ дыл хорз æрцæуæд. Уымæй дарддæр мын хъуыддæгтæ мæхи бар уадз. Ныр та нæ хуыосæнтæ бацагурæм, — æмæ йæ къухæй къуымы стыр сахатмæ ацамыдта. Сахаты ауындзæг йæхи уæззау раппар-баппар кодта æмæ сæ цыма æцæг хуыссæнмæ тардта, афтæ зындис. Æмæ сахаты фæттæ дæр амыдтой, хуыссыны афонæй рæстæг раджы кæй аивгъуыдта, уый. Цæмæндæр адæймаг хъуыдытæ кæнгæйæ уæлгоммæ хуыссын уарзы. Цыма фæрстыл, кæнæ дæлгоммæ куысгæйæ ахæм даргъ æхсызгон хъуыдытæ не ’рцæуиккой адæймагмæ, уыйау. Æмæ уæлгоммæ хуысгæйæ хъуыдыты ацыдис Алтег дæр. Разы у йæ мадимæ, фæлæ Дæгка оразы уыдзæн? Цалдæр хатты йæ нозтджынæй æмæ загъд кæнгæйæ федта æмæ йæ кæд мыггагмæ хæлд адæймаг рахуыдта. Уæд йæ фæндон йæ чызджы нæ, фæлæ цæйфæнды тыххæй дæр нал аивдзæнис. Зоны Алтег, Дæша йæ чызджы ныхмæ ницы зæгъдзæн комкоммæ, фæлæ йын уæддæр бамбарын кæндзæн — дæхимæ кæс, æрæджиау дзы фæомонгонд куыд нæ фæуай, афтæ. Æмæ уый та «нагъ» зæгъынæй фыддæр у. Фæлæ Зæлинæимæ мæ хъуьрддаг куы нæ рауайа, уæд та чи? Уæд ничи! Ничи æппындæр. Дæс азы бæрц зæрдæйы цы уарзондзинад ис, уый дзы йæхицæн арф бынат скодта æмæ уыцы бынат æндæр искæмæн нал ратдзæн... Бирæ фæкодта ахæм хъуырдухæны хъуыдытæ Ал301
тег, стæй уæддæр æрыгоны фын тыхджын кæм нæу, æмæ йæ йæ хъæбысы анорста. Райсомы раджы фестад Алтег. Диссаджы рæсугъд уалдзыгон бон уыдис. Арв цъæх-цъæхид, уæнттæ роггæнæг сæууон хур æмæ сæууон рог дььмгæ. Фалæмæ акæсгæйæ рагъ лæууы тыргъы тæккæ комкоммæ æмæ йæ хъæд зыны, цыма бухайраг худ у, афтæ къа&бæлдзыгæй. Уæлæмæ акæс, уæд та хæхтæ райдайынц ахæм къæбæлдзыг хъæдæй, ахизынц диссаджы хæххон уы’- гæрдæнтæм, стæй цæрæгхуыз цъæхбын, кæнæ та бурбын айнæг къæдзæхтæлГ æмæ фæвæййынц хæхты митджын бæрзæндтæй. Сывæллонæй фæстæмæ уыцьи хæхтæм æмæ æрдзы нывтæм кæсын бирæ уарзта Алтег. Æмæ сæм ацы райсом дæр иудзæвгар фæкастис цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ, фæлæ цыма ацы бон уæлдай рæсугъддæр сты, афтæ йæм зындысты. Æвиппайды цыдæр йæ зæрдыл æрбалæууыдис æмæ йæхи æхсынмæ азгьордта. Стæй йæхи куы арæвдз кодта æмæ кæдæмдæр куы фæраст, уæдмæ мад рахызтис хъомдонæй æхсыры бедраимæ æмæ йæм фæдзырдта: — Кæдæм тагъд кæныс ацафон, уæртæ лæплу. Исты уал ахæр æмæ афтæмæй ацу, кæннод æххормлгæй искуы ныффæстиат уыдзынæ. — Ма мын тæрс, нана, ныртæккæ мæ ардæм хъæуы. — Уæд та цæугæ-цæуыны мæнæ иу æхсыры кружкæ ануаз. — Æхсырæй зымæджы дæргъы сфæлмæцыдтæн, фæлæ де ’хсыр дæр нæма æруазал уыдзæнис, афтæмæй мæ ардæм хъæуы, — æмæ уынгмæ тагъд-тагъд ацыдис. Æхсæвы офæнд кодта Зæлинæйыш райсомæл, цалынмæ йæ куыстмæ ацæуа, уæд-мæ фембæшын. Æмæ йын сæ тæккæ цур уынджы фæзилæны йæ раз бацахста. Хъуамæ йын æппæт дæр зæгъа æмæ хъуыддагæй кæд ницы рауайдзæнис, уæд æй райдайьин дæр нæ хъæуы — йæхимидæг та зæрдæрисгæйæ афтæ æмбæрста, цыма хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Фыццаг Зæлинæ ракæн-бакæн кæндзæн, чызджытæ куыд фæкæнынц, стæй хъуыддаг Дæгкамæ куьг бацæуа, уæд куы сразы уа, уæддæр тынг зынтæй, бирæ хæттыты 302
цæуын æм бахъæудзæн, Алтег та нæ уарзы уыцы минæвæртты ивазгæ рацу-бацу. Æвиппайды Зæлинæ фæзьшдис тигъæй. Алтеджы куы федта, уæд, чызджытæ куыд фæкæнынц, афтæ фестъæлфæгау кодта, æнæцьшыдис, æнцадæй дзуапп радта Алтеджы саламæн афтæ, æмæ ма Алтег тæрсгæ дæр фæкодта, кæд йæ дысоны ныхас аивта æмæ се ’хсæны ницыуал ,ис, зæгъгæ. Æмæ йæ бафарста: — Дæ куыстмæ дæ бахæццæ кæнон, Зæлинæ? — Кæд дæ æвдæлы, уæд дæ хорзæхæй. Иунæгæй цæуын æнкъарддæр у. Рынчындонмæ та нæ дард цæуын хъæуы. — Æвдæлгæ, зæгъгæ, уæд мын ницы ма куыст ис, стæй дын ахуыры тыххæй дысон Дзибусы ныхас куы дзырдтон, æмæ мын цыма нищыуал куыст ратдзысты, зкза’минтæм ,мæхи (цæгтæ «æныныл мæ ныууадздзысты. — Уый растдæр у. Экзаминтæ ратгæ сты æмæ ахуыр кæнын хъæуы, кæннод колхозы ахуыргонд кадртæ нæ фаг кæны, — загъта Зæлинæ æмæ ба^мбæрста, Алтег дарддæр æфсæрмыгæнгæ кæйцæуы, уый.Æхсызгон ын уыдис — ахæм ран къæйных, æдзæсгом лæппуты нæ уарзта Зæлинæ. т Æтъдау æгъдау у æмæ кæддæриддæр йæ бынаты хъуамæ уа. — Уын мæхæдæг дæр зонын, фæлæ мæ мæ мад æнæ исты хъуыддаг бакæнгæйæ ахуыр кæнынмæ нæ уадзы, иунæгæй, зæгъы, сфæлмæцыдтæн æмæ мæ минæвæртты кæцы хæдзармæ барвитон, уый мын бацамон. — Æмæ дын тынг раст зæгъы. Иунæгæй хъуамæ куыд фæцæра æнæхъæн фондз азы дæргъы? — Æмæ сым’ахмæ, Дæгкамæ куы барвитид йæ минæвæрттæ, уæд та? — Уæддæр æвзæр ницæмæй уаид, — загъта Зæлинæ, цым>а бынтон æндæр хъуыддагыл ныхас кæнынц, афтæ сабырæй, фæлæ куы фæхъуыды кодта, ныхас йæ моймæ цæуыныл кæй у, уый, уæд фæсырх. — Цæй уал уæдæ, — загъта Алтег Зæлинæйæн, рынчындоны размæ куы бахæццæ сты, уæд æмæ йын йæ къух дæр нæ райста, æрмæст ын с&рæй рог а»куывта æмæ даргъ, тагъд къахдзæфтæй сæхимæ рацыдис. Доф’кайы æрæйгйæфта кæрты зилæнтæ кæнгæйæ, фо303
сы рауагъта кæртмæ æм^æ стыр сырх хъуг йæхи хуызæп уæныгимæ кæрты ныллæг, фæлæ бæзджын кæрдæ■гыл хызтысты. Сæ фарсмæ лæууыдис нарæг æлвæст даргъгомау сырх род æмæ-иу хаттæй-хатт нычъылиппытæ кодта. Йæ цæстытæ айста Алтег æртæ тохъхъылмæ. Уыдон кауы хæд рæбын цы бæрзонддæр кæрдæг баззад, уый зыдæй тыдтой. Кæрты гогызтæ, кæрчытæ æмæ бабызтæ дзæгъæл зылд кодтой исты хæринаг агурæг. Уалынмæ Дофка фæзындис чысыл цинисæ тасимæ, йæ .куатæ уæлæмæ фæлдæхтæй æмæ йæ ронбасты тъыстæй, дзаг дзæкъулгонд дардта æмæ Алтег базыдта, уы-м та йын мæргътæн згъæлд нартхор кæй ис, уый. Цæугæ-цæуыны Дофка Алтегмæ сдзырдта: — Цæй цыбыр хъуыддаг дæ уыдис, куыд тагъд фездæхтæ? — Стæй «ципп-ципшцшш», зæгъгæ, чысыл цъиутæн ныккалдта хыссæгонд холлаг. Уыциу гæр-гæр æрбакодтой алырдыгæй мæргътæ æмæ сæ къубæлттæ баиваз-балваз кодтой, фæлæ нæ хæццæ кодтой цъиуты хæринагмæ. Карчы, гогызы, бабызы цъиутæ сæхæдæг хордтой, чи куьгд арæхстис, афтæ æмæ кæрэедзийы нæ хъьигдардтой, уыщы кары, æвæццæгæн, мæргътæ мæн фылдæр фæуайæ архайын нæма фæразынц æмæ кæрæдзи нæма фæхъыгдарынц. — Уыссиу, хъæрццыгъайы амæттаг фестут, сымахæн дæр ныртæккæ акалдзынæн, — дэургæйæ Дофка бур къуылых каркмæ æрæвнæлдта æмæ йæ йæ хъæбысмæ систа. — Дæу та мæхæдæг куы нæ бафсадон, уæд дæ •ацы холыхор бирæгътæ ницы хæрын бауадздзысты, — иста куатæйæ нартхоры нæмгуытæ, пырх сæ кодта дæрдты, мæргътæ уидзгæйæ кæрæдзийы куыд нæ хъыгдарой, афтæ. Цас сын фаг уыдаид, уыйбæрц куы акалдта, уæд йæ армыдзыхъхъы нартхæрттæ систа æмæ сæ къуылых каркæн дардта. Æгæр цин сæлхæр кæны фæсивæды æмæ ахæм бынаты уыдис Алтег дæр. Мад мæргътæн хæринаг лæвæрд куы фæцис, æрмæст ын уæд радта дзуаш йæ фарстæн. — Иучысыл хъуыддаг йедтæмæ мæ ницы уыдис æмæ йæ бакодтон... Цæвиттон, тæккæ ацы изæр дæр Дæп<амæ барвитын дæ бон у. 304
Мад ба»мбæрста, йæ лæппу уьщы раджы кæдæм абалц кодта, уый æмæ йæ цæстытæ доны разилгæйæ мидбыл бахудт. Мæргътæ куы бафсæстысты, æ<мæ куы æрсабыр сты, уæд Дофка къуылых ’карчьг зæххыл æрæвæрдта, йæ куатæ æруагъта æмæ уæд загъта: — Æм<æ дыл хорз æрцæуæд. ,Кæд афтæ у, уæд æй иунæг сахат цух уадзын нæ хъæуьг. Ахсæв сæм æрвитын хъæуы, фæлæ нын чи яцæдзæнис? Иу Дзибусы бафыдæбон кæнын кæндзыстæм, фæлæ йын йемæ1 та кæй арвитæм. Ботас фæцæуид хистæрæн, фæлæ уыцы фæлладæй кæм бафæраздзæн? — Ахæм фæллæдтæ Ботасхъуьгды дæр нæ кæны, — загъта Алтег сабырæй, æфсæр^мхуызæй, фьщцаг ныхас æгæр сонтæй кæй загъта. ууыл фæсмон кæнгæйæ. — Цæй кæд нын разыйьт дзуапп нæ радтой, уæд æй æндæр хатт арвитдзыстæм. Ныр та уаш 'Хъазыбег æйæ Дзибус ацæуæнт. Æд зонд адæм сты æмæ ахæм хъуьгддаджы æнæ сарæхогæ нæ фæуыдзысты. Алтег ныхæстæм дьима нæ хъусы, афтæ цыдис хæдзармæ сындæггай. — Хæдзары мын бирæ куьгстытæ ис, дæ фæхъхъау мæ уд æрбауа, æмæ сæ дæхæдæг куы фенис, куы баныхас кæнис семæ дамæ сæ изæры куьг бабæрæг кæниккой, уæд хорз уаид. Зын кастис Алтегмæ ахæм ныхас йæхи тыххæй искæимæ кæнын, фæлæ м<ад кæрты уа, быдырьг уа, уæддæр æнцой кæй нæ зоны æмæ кæй бафæллайьг, уый зыдта. Æмæ йæ бафарста: — Æмæ мæхищæн <ахæм ныхас кæнын аив уыдзæн? — Хъазыбег, æндæр дæДзибусцасхистæр уыдзæн, æмæ уымæн зæгъ, Хъазыбегæн дæр куыд зæгъа, афтæ. Фæлæ сæ’м кæд зивæг кæныс, уæд сæ мæхæдæг фюндзынæн, — зæгьгæйæ йæ куатæ ацатъта æмæ йын йæ бæттæнтæ халгæ хæдзармæ араст Алтеджы фæдыл. — Цæй, мæхæдæг оæ фендзьгнæн æмæ баныхас кæндзынæн оемæ, дæ за<гъдау мын уыйбæрц æфсæрмыйаг не ’стьг. Кæннод æнæуи дæр бирæ фыдæбон кæныс æмæ тæригъæд дæ. Изæры мнкæвæртты бирæ нæ баурæдтой Дæгкатæ æмæ сæ æрхастой ахæм дзуапп: бинонтæй хъуыдда20 Адæы адæм сты 305
джы ныхмæ ничи у, суанг чызгæн йæхицæй райдай. Æрмæст Дæгкамæ афтæ хуыздæр кæсы æмæ лæппу æххæст ахуыр куы фæуид, кæннод бинонты сагъæс бирæ у. Ахуыр та йын æнæ фæуæвгæ нæи, цы хъуыддаг равзæрста, уый колхозы ныртæккæ афтæ æхсызгои хъæуы, адæймаджы хæринаг, кæнæ уæлдæф куыд æхсызгон хъæуы, афтæ. Кæд ахæм дзуапп Дофкайы зæрдæмæ нæ фæцæуа истæйы тыххæй, уæд сын æй хъуамæ фехъусын кодтаиккой æмæ уæд дыууæ’ бинонтæ хæстæгдæр ’бонты сæмбæлдзысты кæрæдзийы бамбарыны тыххæй. — Уæ фæхъхъау мæ сæр фæуæд, .мæ бонтæ, хорз дзуапп 1мын æрхастат, хуыздæр дзуапп ма* цы вæййы, уьицы дзуапп чи радта, уый дзыхынф.арн уæд кæддæриддæр. Сымахæн та кæд зын у, уæддæр ма райсом бафыдæбон кæнут æмæ йын зæгъут, дыууæ дзуаппæй дæр бузныт, фæлæ фæстаг дзуапп, мах тынгдæр чи хъæуы, уый у æмæ йыл кæд разы гсæны, уæд æй фехъусын кæнæд æмæ хæстæгдæр хуьщаубонмæ нæхи цæттæ кæнæм. Фондз азы, зæгъ, куыд цæрдзынæн афтид къулты æхсæн. Йæ куыст у æмæ йæм ардыгæй цæудзæнис. Йæ мады æмæ фыды куы хъæуа, уæд кæддæриддæр сæ тæккæ’ раз уьидзæн. 14 Хæстæгдæр хуыцаубоны адæмæй базмæлæн нал уыдис Дæгкайы кæрты дæр æмæ Дофкайы кæрты дæр. Дæгкайы кæрты стыр хъазт бацахста кæрты æмбис. Симды рæпхъ уыйбæрц даргъ ахал ис æмæ уыцы стыр кæрты йæ райдайæнæй йæ кæронмæ хæццæ кодта, симынæн кæмæн нæ фат кодта, уыдон кæрты астæу разил-базил кодтой. Фынгыл бадæг зæрæдты хъæлдзæг зарæг иу кодта фæндыры цагъдимæ æмæ ’кæрæдзи нæ хъыгдардтой, фæлæ сæ диссаджы рæсугъд зæлтæй сыгъдæг рог уддзæф .алырдæм дæрдтæм хаста. Кæрты иннæ æрдæг бацахстой цалдæр рæнхъæй хистæрты фынгтæ æмæ дзы алы рæтты кодтой рæсугъддæр хъæлæсджынтæ алыьхуызон рæсугъд зарджытæ 306
æмæ сын сæ бæзджын хъæлæсæй æнцад хъырныдтой адæм. Иудзырдæй, Дæгкайы чызгæрвитыны куывд уыдис йæ тæккæ тынгæй æмæ рæсугъдæй. Хъæуы æрхонæн кæ’мæн уыдис, уыдонæй æддейы ничи баззаднс нскуы иу йедтæмæ. Фынгыл бады æртыккаг хистæрæн Дæгка йæхæдæг æмæ дис кæны, Гæбæти афоныл куыд нæ фæзындис, ууыл. Афоныл æм æрвыст уыдис сæрмагондæй æмæ дзырд радта, зæгъгæ, хуыцаубоны дæр нæ, фæлæ изæры, сабаты, уым уыдзæнис, нæ хæлæрттæй ма мемæ цæуыныл чи фæрæвдз уа, уыдонимæ. Рынчын ма фæуæд, кæнæ йыл æндæр истыхуызон бæллæх ма æрцæуæд? Уæдæ йын бæлвырд ницы зыдтой, горæтæйцы уазджытæ æрцыдис, уыдон дæр. Афтæ тыхсти дысон изæрæй фæстæмæ Дæгка. Фæлæ æвиппайды дæле, горæтæй æрцæуынырдыгæй рыгты тъыфылæйттæ сыстад, уалынмæ Гæбæти машинæйы йæхæдæг дæр фæзынд. Осых-сых кодта æмæ дуармæ цы машинæтæ уыдис, уыдоны уæлейы куы æрлæууыд сыдзмыдзы бацæугæйæ, уæд дзы рахызтысты Гæбæти йæхæдæг, иу булкъон æмæ иу стыртæ, нæрстытæ, дзаг сырх цæсгомджын инæлар æмæйæриуæйæрттывта Сызгъæрин стъалы. Дæгка сыстад æмæ сæ размæ рацæйцыд æгасцуай зæгъынмæ. Сæ (кæрæдзийæн салам куы радтой, дыууæ амондджыны тыххæй куы раарфæ кодтой, уæд Гæбæти загъта: — Гæнæн МЫ’Н куы уыдаид, уæд рагацау бæргæ æрцыдаин, цæттæ уыдтæн алы сахат дæр. Фæлæ нæм уазджытæ уыдис, стыр диссаджы уазджытæ æмæ уыдопимæ фæфæстиат дæн. А ме ’мбæлттæ та æнæ мæн цæуын нæ ракуымдтой. — Афтæ уыд æцæг, уымæн бафæстиат кодтам, — сраст кодта инæлар Гæбæтийы. — Æмæ уагæр цавæр уазджытæ уыдысты? — Диосаджы уазджытæ, диссаджы, Дæша. Знон нæм Налцыккæй дунейы уазджытæ æрбахæццæ ис. — Æмæ чи уыдысты уæддæр дæ уазджытæ? — Англисы сабырдзинадыл хæцджыты ко^митеты уæнгтæ. Цырд сæм фæлæууыдыстæм, цы сæ фенын 307
фæндыд, уыдон сыи фенын кодтам, изæры нæ комитеты уæнгтимæ æхсæвæр бахордтой æмæ сæ абон Калакмæ арвыстам. Афтæ рауад хъуыддаг æмæ афоныл кæй нæ сæмбæлдыстæм, уый кæд аипп у, уæд нын ныххатыр кæнут. — 'Кæд афтæ уыдис хъуыддаг, уæд дзы аиппæй ницы ис, хъуыддæгтæй чи куыд тагъддæр кæнинаг уа, уый раздæр фæкæнын рæдыд нæу. Фæлæ а-м уы-нджы лæугæ баззадыстæм. Цомут мидæмæ. — Æмæ ууыл дæр нæ баззад хъуыддаг, фæлæ мын ,мæ зæрдæйы æнæкæрон цин чи бауагъта, ахæм хабар дæр ’Мын фехъусын кодтой. — Англисæгтæ дын хъуамæ цы цины хабар фехъусын кодтаиккой? — йæ дисоаг дæр уый у. Иу дæс боны размæ Мæскуыйы уæвгæйæ фенынмæ баэдыдысты, Валя кæм ис, уыцы институтмæ. Валя семæ англисагау сьпгъдæг куы сдзырдта, уæд æй фæрсынтæ байдыдтой, кæцæй дæ, цæмæй рынчын дæ, зæгъгæ. Куыд мын радзырдтой, афтæмæй тагъд бонтьи Валя бынтондæр дзæ-бæх уыдзæнис, фæлæ йын ныр дæр дзæбæхыл нымайæн ис. Ехх, уый ма бынтон дзæбæхæй куы фенин, уæд хуры хъару дæр, зæххы тых дæр æмæ дунейьь цин дæр мæн уаиккой. — Сдзæбæх æй кæндзьисты, уыйбæрщ ын хос сæ къухы разынди, уæд. Фæлæ цомут мидæмæ, адæм дæр махмæ кæсынц æмæ нæ бадынц. — Æмæ Дæгкайы* фæдыл сабыр, уæздан цыдæй араст сты. Фынджы адæмæй бирæтæ сæ размæ ращыдыстьи æмæ сын æгасцуай загътой, стæй сæ фынгмæ ахуыдтой. Хъазты рæзты куы фæцæйцыдысты, уæд Гæбæш йæхи нал баурæдта: — Мæ мард фенат, æз уын фынгыл нæма сбаддзынæн, цалынмæ иу симд акæнон, уæдмæ, кæннод та мæ фынгыл бадыныл фæкæндзыстут æмæ та хъазтæй æнæ хай фæуыдзынæн. Кæд дзы бандон искуы уæгъд уа, уæд мын-иу æй цæттæйæ дарут, куы нæ уа, уæддæр ницы (кæны, — æмæ симджытырдæм фæ^раст. Хъазты кæран æрлæууыдис хъазтмæ кæсджыты æхсæн. Р1æ цæстытыл нæ баууæндыд Гæбæти, Алтег æмæ Зæлинæйы иумæ æрбацæйсимгæ куы федта, уæд. 308
Алтег уыдис галифейы, цырыхъхъыты, дари урс хæдоны æмæ урс нымæтхуды. Æнгом хæцыдис Зæлинæйыцонгыл, размæ, кæдæмдæр дардмæ дзæбидыры каст кодта æмæ йæ къухы тылд æмæ къахы айст рæсугъдæй иу кодтой Зæлинæйы къухы тылд æмæ къахы айстимæ. Зæлинæ уыдис урс рæсугъд къаба æмæ урс туфлиты æмæ 1кафгæйæ кастис уыцы уæзданæй бынмæ, цыма сæ къæхты æмист куы фехæла, уьимæй тарстис, афтæ. — Цы хабар у ай? Лæгтпу æмæ чызг дæр иумæ куы кафынц еæхи симды, — бафарста Гæбæти йæ фарсмæ чи лæууыд, уый. — Данел сæ къухыл хæцæг у æмæ йæ яфтæ бафæндыд. Къуьшты рамбæхс-бамбæхсы бæсты, дам, хъуа«мæ сæхæдæг бафсæдой кафынæй æмæ цин кæнынæй. Хистæртæ дæр ын сразы сты. — Никуы федтон нырæй размæ ахæм æгъдау ирои чындзхасты. — Ныр æй арæх кæнынц хъæуты æмæ, æвæццæгæн, афтæ растдæр у, уæдæ æнæхъæн хъæу уыдоны циныл ,цин кæнынц, ’афтæмæй уыдон искуы талынг уæтты рамбæхс-бамбæхс куы кæной, уæд уыцьи æгъдауæн йæ рæсугъддзинад кæм ис? — загъта лæппу. Уыцы сахат чегъре æрлæууыдис Гæбæтийы раз æмæ йæ йæ къухтæй симдмæ хонгæйæ загъта: — Саккаг кæн нæ симды уæд та иу дыууæ зылды æркæнын, — æмæ йæ ’ахуыдта симды рæнхъмæ, бакодта йæ æппæты раззаг дыууæ къайы размæ æмæ лæппуйæн вагъта: — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй. Лæппу чызджы суæгъд кодта, йæ сæры акуывдæй йынсалам радта, стæй фездæхт æмæ салам радта Гæбæтийæн, чысыл йæ сæр размæ фæкъул кæнгæйæ. Гæбæти дæр ы« раарфæ кодта, стæй æрхæцыд бæрзондгомау, хурсыгъд, фæлæ рæсугъд цæсгомджын чызджы цонгыл æмæ дарддæр рæсугъд æмæ раст сиргæйæ асимдта. Валяйы стыр цин баиу ацы æппæт адæмы цинимæ, йæ зæрдæ ныррухс ис æмæ сонт лæппуйы хуызæн симдта, йæ сæр бæрзонд хæсгæйæ æмæ дунейы •амæндтæ цьгма уымæ æрæмбырд сты, афтæ касти йæхимæ. 309
15 Бирæ змæлд уыдис уыцы сахат Дофканы хæдзары дæр. Иутæ уæныджы нард дзидзатæ дихтæ кодтой уыцы æнæхъæн стыр хæйттæй, иннæтæ кодтой арт, аннæтæ дыууæ кусартгæнæн фынгыл стыгътой нард тохъхъылтæ. Зын стигъæн уыдысты, афтæ вæййы тохъхъыл йæ фыр нæрдæй, фæлæ сæм хорз арæхстысты фæлтæрд кусартгæнджытæ æмæ <мучъа разæй, <афтæмæй-иу тымбыл къух цармæй дзидзайы æхсæн нард буары куы атъыстой, уæд-иу къух уьщиу хæстæн фысы рагъы стæджы раз балæууыдис. Кусартгæнджытæй чысыл æддæдæр æртæ æрыгон лæппуйы амадтой уæхстытæ. Зын куыст у физонджытæ кæнын, фæлæ лæппутæ зонынц, уый уыдоны хæс кæй у, æмæ сын æй зæгъгæ дæр ничи кодта, афтæмæй атагъайæ æрбахастой даргъ æхсæр уисты æргъом æмæ дзы ныр сæхицæн уæхстытæ амайынц. Хъæуы уыйбæрц æфсæйнаг уæхстытæ рамбырд гæнæн уыдис, фæлæ Ботас куыд зæгъы, афтæмæй æфсæйнаг уæхстыл кæй скæнай æмæ ног «онд æхсæры уисыл, уыдонæн сæ ад бынтондæр алыхуызон вæййы. Æмæ ныртæккæ кусæртытæн куыддæр сæ хуылфыдзауматæ æмæ уыргтæ феддæ уой, стæй сæм фæндзгай раззаг фæрсчытæй физоиджытæ авæрой, афтæ æртыты алыварс æд уæхстытæй бынат бацахдзысты. Ныртæккæ дзы æртæ лæппуйы уыцы æнувыдæй сæртæ арауынц парахатæй, фæлæ уыдон арты фарсмæ иуы æрбадой, уæд сæ чысыл фалдæр бабадын хъæудзæн, уымæн æмæ сæр сæр у, физонæг та бурфизоиæг цæх-цæхгæнгæ. Уæвгæ ирон фынгтæн æнæ сæртæй дæр æрæвæрæн кæм ис. Даргъ сарайы иннæ кæрон хæдзарьг æмæ уæтты з-илæнтæ кæнынц бирæ сылгоймæгтæ. Цыма дзæгъæлы размæл-базмæл кæнынц, афтæ зыны иуварсæй бакæсгæйæ. Фæлæ уыдонæй алкæмæн дæр и<уыст ис, бæлвырд куыст æмæ æнæнцойæ уый мæт .кæны. Иутæ кæнынц уæлибæхтæ æмæ сæ иннæтæ хæссынц хæдзармæ. Дыууæ æрыгон сылгоймаджы стыр, лæгъзгонд фæйнæгыл ’кæрдынц фыдджинаг дзидза. Фыдджынтæ æппæтьг фæстæ бадæттынц уазджытæн, фæлæ фыд æркæрдын хъæуы, нуры æмæ ма цывзьгимæ иучысыл уæддæр 310
куыд алæууа æмæ дзы уыдоны ад, тæф куыд ацæуа, афтæ. Чи арт æндзары, чи кæрт мæрзы (цымæ цалæймаг хатт?), чи уæттæ, чи æндæр куыстытæ кæны æмæ кæрты цы сылгоймæгтæ ис, уыдонæй иу дæр æнæ кусгæ нæу. Æрмæст Дофка у фьщцаг хатт йæкæрты æмæ кусгæ. Æмæ кæрты æмæ хæдзарьг цы «цехтæ» кусы, уыдоныл сабыргай азилы, гёæхи цы фæкæна, уый йын кæй нæй, тынгдæр уый тыххæй. Иокуы исты куыст йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд æй бафиппайы, фæлæ æрмæст фæлмæн, рæвдаугæ ныхасæй, фæрсæтау акæны: «мæ бон, цымæ йæ афтæ куы скæниккам, уæд хуыздæр нæ уаид», зæгъгæ, ацамоны. Катай кæны Дофка, куы нæ сцæттæ уой æмæ сæ чындзхæсджытæ афтæмæй куы æрæййафой, зæгъгæ. Данел къухылхæцæг у, Дзибус та æмдзуарджын (къухылхæцæг ныллæууын нæ бакуымдта, ирон чындзхасты бирæ алыхуызон æгъдæуттæн ницы зонын, зæгъгæ), æмæ ахæм къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн цы бæрæг рæстæг ис, уымæй бирæ фылдæр фæстиат кæныннæ бауадздзысты чындзхæсджыты. Афтæмæй Дофкамæ та афтæ «æсы, цыма рæстæг дугъон бæхыл уайы, хæдзары архæйдтытæ та уæртджын хæфсыл цæуæгау цæуынц сындæггай. Æ^мæ чындзхæсджытæ куы æрцæуой, уæд æрмæст иунæг нæ уыдзысты, фæлæ семæ чызгæрвитджытæ дæр хъуамæ уой — афтæ ныффæдзæхста Дофка йæ хæрзгæнджытæн. Чызтæрвнтæт та æрæмбырд сты, хъæуы цæуынхъом чидæриддæр ис, уыдон æмæ ма горæтаг уазджытæ дæр. Фидаугæйæ Дофкайæ нæдæр кусæрттаг æмæ нозтытæ бацагуырдтой, нæдæр дзаумæттæ æмæ йын суанг йæ фидыды мысайнаджы мин оомы дæр ма нæ бакуымдтой, хъуамæ, дам, йæ фыды хæдзарæй ацæуа йæ фыды æмæ йæхи фæллойæ. — Арфæ хуьгцау ракæнæд Дæгкайæн, — дзырдтой, — йæхæдæг ма йын цы баххуыстæ кодта, æндæр æй мисхалы бæрц дæр ницæмæй -батыхсын кодта Дофкайы. — Æрмæст сæ иу ныхас кæрæдзийыл нæ бадт æмæ кæд æрæджиау бафидыдтой, уæддæр ма Дофкайы зæрдæ тынг æхсайдта — искæйы æвзæр æвзаг та 311
куы бахæццæ уа æмæ сæ ныхас .куы аивой. Ныхас та, цæвиттон, ууыл цыдис æмæ Дæлка афтæ хъуыды кодта, зæгъгæ, ахуыргонд чызджы, районы рынчындоны сæйраг дохтыры раджыйау ирон чындздзон дзаумæтты ахæсс, уый куыддæр аив нæу ныры рæстæджы-. Дофкамæ та ирон разгæмтты исуы нæ æрхастаиккой чындзы, уæд æм цыма чындз дæр не ’рхастой, иокæйы уагвд усы йæм æрластой, афтæ йæ1м кастаид. Иæ царды дæргъы йæхи, йæ кæрты разгæмттæджьга чьгндз кæй фендзæн, уымæй рæвдыдта æмæ æвиппайды... Дæгкайы фæндон фыццаг хатт куы фехъуыста Доф(ка, уæд афтæ фæтарст, афтæ окатай æмæ йæм йæхæдæг ацыд лæгъстæгæнæг, зæгъгæ, мын дæ дунейыаргъ чызджы радтай æмæ кæд дæ хорз хорзы быпаты уадзыс, уæд мæм æй æнæ чындздзон дарæсы ма æрвит. йæ фарс фæцис Залхан дæр, зæгъгæ, чызгæн уыцы иунæг бон йедтæмæ нæй иæ царды æмæ Зæлинæ ирон разгæмтты куы ацæуа чындзы, уæд уым æппындæр æвзæрæй ницы ис. Уалынмæ сыл ныхас сæ-мбæлдис, Зæлинæйæн йæхи дæр фæнды, зæгъгæ, æмæ уæд Дæгка загъта: — Æмæ уæ кæд афтæ фæнды, уæд сымахырдыгонау фæуæд. Æниу цыфæнды дзауматы ацæуа, уæддæр цы уæлдай у? Ахæм чысыл хъуыддагыл не ’хсæны- ныхас рауайа, уый аккаг дæр нæу. Уый Дæгкайæн нæу ныхасы аккаг, фæлæ сидзæргæс Дофкайы зæрдæйæн тынг æхсызгон хъуыддаг у. Æмæ ныр чындзхæссæн бон дæр уымæн катай кæны, æнæхъæн бон дæр уымæн арæх акæс-акæс кодта, чындз кæцьг уынгтыл хъуа1мæ æрбахастаишой, уьщырдæм. Сæ чындзæхсæв цæттæ у, зæгъгæ, йын афтæ банымайæн 1куьр уыдис, кусартгæнджытæн æмæ кæстæриуæггæнджытæн сарайы фæйнæ нуазæны æмæ хæринæгтæ 1куы æрæвæрдтой, уæд уынджы фаллозæй фæзындысты дунейы сывæллæттæ. Чи дзы уисын бæхыл бадтис, чи æнæуи чъыллиппытæ кæнгæ згъордта, æмæ уьщы тымыгъæн уадыстьь Дофкайы хæдзармæ. Суанг уынгæй æмхæццæйæ хъæр кодтой «чындз æрбацæуы, 312
чындз», фæлæ сæ хæрзæггурæггаг кæцыйы у, уый зын равзарæн уыд, афтæмæй багæртæр кодтой кæртмæ. — - Дæ фæхъхъау фæуон, — афарста сывæллæттæй иуы Дофка, — кæд чындз ракæнгæ федтай, уæд ма зæгъ, йæ уæлæ та цавæр къабатæ ис? — Иæ уæлæ... Иæ уæлæ, мæнæ афтæ даргъ къабатææмæ йын йæ фæдджитæ суанг йæ фæдыл лæсынц,— лæппу ацамыдта йæ къухæй, къабайы фæдджитæ дæлæмæ хуыд æрцыдысты æмæ йæ фæдыл куыд лæсыдысты, уый. Ахæм сахат Дофка æнæ къафет куыд уыдаид! Рахæссын кодта бирæ къафеттытæ æмæ сæ сывæллæттыл байуæрста хæрзæггурæггагæн. Уыдонæн дæр сæхион сæхи куы фæцис, уæд «бæхджынтæ» сæ бæхты дуарыл уынджырдæм фæцарæзтой, фистæджытæ чъыллиппытæ ’кодтой æмæ дуары æдде фесты, стæн, цъиуты балау дарддæр уынджы кæдæмдæр адугъ кодтой. Сывæллæттæ хабар -куы фехъусын кодтой, уæдæй фæстæмæ æнхъæлмæгæсджытæ уынгмæ акæс-акæс кодтой. Бирæ рæстæг рацыд, хъуамæ чындзы машннæ ам афонмæ раджы уыдаид. Фæлæ цымæ цæмæн æрæджы кæны? Кæд ардыгæй ардæм ницы тæссаг ран ис, уæддæр та мады зæрдæ катайы бацыдис. Уалынмæ уынджы фæзилæнæй дунейы дзыллæтæ æрбазындис æмæ æрбайхъуысти сæ зарын, фæндырдзагъд, æмдзæгъд. Уый чызгæрвитджыты рахуыдтой уыциу æмгуьшпæй, ууыл ныхас дæр нæй. Фæлæ -машинæ тагъддæр куы цæуы, уæд ма кæм хъуамæ фæстиат кæнынц, чындзæн разæй æрбацæуьш куы^ æмбæлы, уæд, — афтæ сагъæстæ кодта Дофка. Ныр дунейы дзыллæтæ гæй-хæстæгдæр кæнынц, бæлвырддæр хъуысы сæ фæндыры цагъд æмæ сæ зарæг. Дæлæ бынтон схæстæг сты æмæ сæ чъылдымæй се ’хсæнты рагæпп кодта «Волгæ», уый фæстæ дыккаг, æртьжкаг... стæй кæрæдзи фæдыл ныххал сты рог машинæтæ, дуармæ æрлæууыдысты æмæ æмуаст (кæнын райдыдтой: — Цæй, ныууадзут нæ, нæ хъустæ бамыр сты, — хъазгæйæ хъæр жодта, кæртыдуар гом кæнынмæ чи рацыдис, уыцы лæг. — Нæ бон нæу, хорз лæг, нæ бон, æнæ уасгæ. Мах 313
горæты уасын нал уадзынц æмæ ма ам хъæуы уæддæр фæуасæм нæ фаг, — хъæлдзæгæй йын дзуатш лæвæрдта, чындзы раззаг машинæйы чи æрбаласта, уыцы шофыр, йæ сæр дуарæй æддæмæ радаргæйæ. Машинæтæй фыццагдæр рагæпп кодта Хасмеш, уый бирæ уарзы ахæм хъуыддæгтæ æмæ йæ хъæлдзæгдзинадæн дæр «кæрон нал вæййы ахæм сахат. — Уый !куыд у, 'Куыд, Дофка? Æз æнахуыргонд дæн, ницы æмбарын, зæгъгæ, куы фæдзурыс, афтæмæй чызджыты хуыздæрмæ куы бахъавыдтæ æмæ йæ дæ чындз куы бакодтай, — йæ худ йæ къухы тылдта, афгæмæй хъæр кодта Дофкамæ, <кæд æм ныр хæстæг уыди’с, уæддæр. — Чындз хорз равзарынæн та цас ахуыргонд æмæ цас зондджын хъæуы, дæ фæхъхъау мæ сæр фæуа? Хъустæ æмæ дып цæстытæ уæд, æндæр чындзы хуыздæр зын равзарæн нæу, — дзырдта Дофка. Уæдмæ машинæтæй рахызтысты адæм. Раззаг машинæ кæргмæ бацыд æмæ дзы рахызт Хæнæзты фæндырдзæгъдаг чызджытæй иу раззаг дуарæй, фæндырдзæгъдгæйæ. Фæстаг дуарæй фыццаг рахызтысты Данел, Дзибус, стæй раргъæвтой чындзы æмæ йын Данел æрхæцыд иæ цонгыл. Сæ алыварс æрбатыгуыр сты, машинæтæй чи рахызт, уыдон æмæ Данел йæ фæсусгомау, фæлæ бæзджын хъæлæсæй чындзхæсджыты зарæг ныккодта. Бахъырныдтой йын иннæтæ. Уæдмæ сæ фистæг дзыллæ дæр æрбаййæфтой, уыдон дæр зарæгæн бахъырныдтой æ<мæ цыма æгас бæстæ дæр нæргæ æмæ заргæ кодта, афтæ зындис. Æмæ уыцы стыр гуылфæй фезмæлыдысты хæдзарырдæм. Лæууыдис Дофка иуварсгомау æмæ йæ зæрдæ байдзаг ис цинæй, х^ыдис æм кæуын æмæ кæуын... Кæцæй каст ’ахæм амонд Дофкамæ æмæ Зæлинæ йæ чындз бауа... Бузныг уыд, æнæкæрон бузныг йæ фыртæй, йæхи сраст кæныны хъару йæм афтæ кæй разынд, уымæй. Афтæ’мæй сусæлæй кæугæйæ даргъ æхсæвтæ цал арвыста, йæ иунæгæн сæфты фæндагæй раздæхæн куынæуал уыдис, уæд. — Дзибус, дæ рын бахæрон, адæмы æрбадын кæнут фынгтыл, æфсинтæ цæттæ сты æппæтæй дæр, ■— загъта Дофка Дзибусæн. Уый йæ рæзты хæстæг æр314
бацæйцыдис адæмæй чьгсыл дарддæрты Алтепгмæ, æмæ йæ цæссыгтæ сæрфынмæ йæ дысалгъæй дари къухсæрфæн фелвæста. — Кæугæ та цæмæн, Дофка? — Цинæй, мæ уд дæ фæхъхъау фæуа, цинæй. — Кæугæйæ нæу ацы сахат. Мах ныртæккæ ахæм чындзæхсæв сараздзыстæм æмæ пæ адæм бирæ азты куыд фæмысой. 16 Хуыссы институты æмдзæрæны уæлгоммæ Алтег. Ныртæккæ æрбацыд фæлладæй лабораторийæ, йе ’мбæлтты бынаты не ’рбайнæфта, æнæ уыдон æм хуыссын нæ цæуы æмæ уал афтæ æд дзаумæттæ æруагъта йæхи. Студентæн алы бон дæр йæ зонындзинадыл зонындзинад æфты æмæ .цы базыдта, уыдон уый йедтæмæ цыма ничи зоны, афтæ йæм фæкæсыæмæ сæ искæмæн куы адзурид, уый йæ фæфæнды. Ахуырты фæстæ аныхас кæнын, быцæуты бацæуын студенттæн у, адæймагæн хæрын куыд æнæмæнг хъæугæ у, афтæ. Æмæ йе ’мбæлттæм æнхъæлмæ -каст. Æмбæлттæй та бирæ нæ уыдысты: æрмæст йæхæдæг, Данел æмæ ма механизацийы факультеты чи ахуыр кæны, иу ахæ’м лæппу, Æхсар, зæгъгæ. Сæх-и хуызæн сабыр æмæ æмбаргæ рауадис Æхсар дæр æмæ тынг хорз цардысты, хорз цыдис сæ ахуыр дæр. Уыцы уат сын институты директор йæхæдæг раттын кодта завхозæн. Данел æмæ йын Алтеджы хабæрттæ фæкодта йæ рæстæджы Дзибус, æмæ цас хæлар сты, уый зыдта. Дзибус куы раппæлыд лæппутæй, уæд ып директор загъта: — Рар’Бит æй ардæм. Данел нæхимæ куы ис. Æлпынфæстаг мах нæ хъæуынц экзаминтæ институтмæ цæугæйæ тынг хорз чи ратдзæн, <ахæмтæ, уыдонæй æрæджиау афтид бутъротæ дæр рауайы, фæлæ мах хъæуы институтæй ацæугæйæ тынг хорз чи кусдзæн, ахæмтæ. Æмæ кæд афтæ у, уæд сæ рарвит æмæ сæ ницæмæй батыхсын кæндзыстæм. йæ салам бирæ уæд Дзибусæн, гæды æппаэлд нæ 315
ракодта лæппутæй, стæй сын экзаминты æххуыс кæнын нæ бахъуыд. Данел йæхæдæг механизацийы æртыккаг курсмæ радта экзаминтæ зымæджы. Алтег зоофакультетмæ бацыдис иунæг цыппар, иннæтæ йын иууылдæр уыдысты фæндзгæйттæ. Æхсары йæхæдæг хорз зыдта директор, йæхимæ дæр акуыста фæлварæн станцæйы: сабыр, æгъдауджынæй, æмбаргæ æмæ арæхстджынæй. Стæй районы МТС-1мæ ацыди æмæ уайтагъд реопубликæйы зындгонддæр тракторист соис... Алтегæн цæмæндæр йæ хъæу йæ цæстытыл ауадис æмæ афтæ пæмæндæр бадгæ дæр ракодта йæ хуыссæны. Мæгуыр æмæ фæстæзад уыдис сæ колхоз. Уый тыххæй дзы адæм фæйнæрдæм лыгъдысты. Алтегæн йæ сæйраг рæдыд дæр, æвæццæгæн, уый уыдис, æмæ скъола каст фæуыны фæстæ, ахæм «æнæпайда» колхозы иу куыстмæ дæр нæ бакуымдта, институтмæ та уыциу цæфæн хаугæ нæ бакодта æмæ фæцис дзæгъæл легка кæныныл, нуазыыыл... Нуазыныл нæ, фæлæ йæ сæфты фæндагыл араст ис æмæ йæ адæм тыххæй раздæхтой йæ царды фæндагмæ æмæ -цыма ныр йæхи рæдийын никуыуал бауадздзæн, афтæ йæм фæкаст. Фæлæ адæмы тых... Æрæгæй нырмæ кусы Дзибус Ленины колхозы сæрдарæй. Фæлæ йыл адæм уайтагъд баууæндыдысты, æ’муæхск ьин фæлæууыдысты æмæ... Цы хорздзинæдтæ сарæзта, уыдонæн æвиппайды анымайæн дæр нæй. Фос фæфылдæр сты. Уæд сæ цад та дæсгай мин мæргътимæ. Ахæм, æвæццæгæн, республикæйы нæ, фæлæ сыхаг республикæты дæр иæй... (Уыдон дæр Алтеджы бар уыдзысты, институт каст куы фæуа, уæд.) Айфыццаг хуыцаубоны хъæуы куы уыдис, уæд ын Дзибус дзырдта — электрон станцæ тагъд арæзт фæуыдзæн, хъуамæ цы Фыццæгæм .май æрцæуа, уым колхозонтæ æгасцуай зæгъой Ильичьг рухсæн. Æмæ йæм уынынмæ ’куы ацыдысты, уæд еæ бауырныдта, æцæг æй маймæ арæзт кæй фæуыдзысты, уый. Электрон станцæ та æрмæст хæдзæртты æмæ уынгты рухс нæу... Электрон самангæрдæнтæ, куырæйттæ, хъугдуцæнтæ, чъыры завод, агуыридуры завод æмæ ноджы æндæр 316
бирæ ахæм колхозон куыстуæттæн кæй фаг не ’суыдзæн, ахæм дзы нæй. Æмæ уæд культурæ та? Клубы фæсивæд æвæриккой сæ хъазтизæртæ, «талынг» фæтæгенцырагъы рухсмæ нæ, фæлæ тыхджын электрон рухсмæ. Æвæдза хъæуы бирæ телевизортæ фæзынид æмæ телевизор та иу хæдзары нæ, фæлæ æнæхъæн сыхæн кинотеатр у. Кæнæ приемниктæ. Æвæдза куыд тагъд райрæзы сæ хъæу ацы фæстаг рæстæг æмæ йæ куыд никуы фæхъуыды кодта ацы æхсæвы хуызæн Алтег. Афтæ хъуыдытæ кæнгæйæ лæппу йæхинымæр загъта: «Кæуылты хъарутæ ис, кæуылты адæммæ æмæ сæ тых кæцырдæм арæзт æрцæуа, уььм диссæгтæ бакæндзысты». Йæ зæрдыл ма æрбалæууыд æрæджы та Суццайыл куыд сæмбæлд, уый. Сæ къорды атаман Къæдзæх æмæ ма иу цыппар лæппуйы уыдысты семæ, Алтегыл куы амбæлдысты, уæд. — Æмæ институтмæ бацыдтæ, студент сдæ? — ныддис кодта Суцца. — Ха-ха-ха! Мæнæ адæм адæм куы’д нæуал сты æмæ сæхиицæй маи’мулитæ куыд аразынц! Студент... Ха-ха-ха! Гуыбын хæринагæй афтид, сæр мигъæй йæ тæккæ дзаг... Дæс æмæ ссæдз туманы стипенди, дæс æмæ цыппар ссæдз туманы мьизд, каст куы фæуай, уæд. Æрмæст ма галстуктæ æмæ шляпæтæй æмбæрздзынæ æнусты дæ мæгуырдзинад... Студент! Ха-ха-ха! Афтæ бынтон цыбырзонд æнхъæл нæ уыдис Алтег Суццайæн, кæд зыдта, йæ зонд дард авналæг кæй нæ у, уый, уæддæр. Æмæ ныр джихæй кæсгæйæ баззадис. Иу жаст фæкодта Къæдзæхмæ дæр æмæ уый, æцæг хулигантæ куыд фæкæнынц, афтæ йæхи банцой кодта къулыл, дымдта тамако, йæ рахиз уæхск уæлæмæ систа, кепкæ бынноз цæстытыл конд, афтæмæй сæм кастис. Куыд æй бафиппайдта, афгæмæй уыд мæсты æмæ разы уыдис Суццайы худæджы ныхæстыл. Хъару уæддæр хъару у æмæ Алтег сæ къордмæ куы бахаудтаид, уый иæ тынг фæндыди. Фæлæ студент кæй у, уый ма Къæдзæхмæ хуыздæр дæр каст — студентты стипенди 317
йæ 1куы æрбалваса, уæд æнцондæрæй -бацæудзæн сæ къордмæ. Къæдзæхы ахæм хиуылæрвæссон æнгас хъыг фæкастис Алтегмæ. Æмæ уьщы мæстыйæ бафарста Суццайы: — Цымæ, афтæ æнæзондæй бирæ фæцæрынмæхъавыс? — Мæ иу зæвæты цы зонд ис, мæ хæлар, Алтег, уый дæуæн де ’ппæт сæры къуыдыры дæр нæй. Ха-ха-ха! Уæд, æнæуи дæр æм мæсты ’куыд уыдис, уымæ гæсгæ, баздæхт Къæдзæхмæ æмæ йæ бафарста, йæ маст тыххæй уромгæйæ: — Къæдзæх, ацы хулпганы ды ахуыр кæныс ахæм æдылы ныхæстæ кæныныл, æви куыд у хъуыддаг? — Æмæ цæмæй у æдылы? Зонд фаг кæмæ нæ вæййы, уыдон институтмæ фæцæуынц зонд æмбырд кæнынмæ, зондджын чи вæййы, уыдон та, Суццайау, сæхи зондæй фæцæрынц. — Уæдæ уæ зондимæ цас дард ацæудзыстут, уый фендзыстут, — æмæ ацыд Алтег. Ничи йæм уæлдай сдзурын бауæндыд Къæдзæхы къордæй, зыдтой йæ. Уый фæстæ <ма ,иу хатт федта Суццайы — уый уыдис йе ’мбæлттимæ адæмон дружинæмæ куы бацыдис, уæд. Суцца сæм йæхæдæг æрцыд, хицæнæй фембæлд Алтегыл æмæ йæ бафарста: — Зæгъ-ма, æцæг бацыдтæ уыцы тъурти-мурттиты дружинæмæ? — Адæмон дружинæ у æмæ йæм (мæнæй раздæр хъуамæ чи бацæуа, цæмæн хъуамæ баззайон адæмæн сæ фæстæ? — Рухс зæдтæй дын ард хæрын, куыд æмбарын, афтæмæй цас фылдæр ахуыр кæныс, уыйбæрц æ^ылыдæр кæныс. — Цытæ сты мс ’дылыдзинады нысæнттæ? — бафарста йæ Алтег сабырæй. — Адæмы сабыр цæрын фæнды æмæ сын уыцы хъуыддаджы хъуа’мæ чи баххуыс кæна, уыдонимæ дæн æз дæр. — Уæдæмæ дæхицæн æнцад ахуыр кæн, æндæр кæм цы чъизи адæймаг нс, уыдоннмæ дæхи цæмæн бæттыс, милицæйы куы нæ кусыс ’æмæ дзы мызд, мий318
йаг, куы иæ исыс? Фæлтау та ма ресторанмæ цом æмæ дзы иу чысыл нæхи аирхæфсæм. Æмбæлттæ нæм тынг рæвдзæй æнхъæлмæ кæсынц... Уьщы. хъуыдытæ куыд ^кодта Алтег, афтæ йæм къæридорæй æрбайхъуыст «æлгоймæгты ныхас æмæ сæ базыдта: хъæрдæр æмæ хъæлдэæгдæрæй чи ныхас кодта, уый уыди Гæбæти, иннæ дыууæ уыдысты Данел æмæ йемцæрæг Æхсар. Фæлæ куыд фембæлдысты кæрæдзиуыл? Ацафон сæм цæмæ цæудзæн Гæбæти? Фестад Алтег, хуыссæнтыл æмбæрзæн æрæмбæрзта æмæ йæ адзæбæхтæ <кодта. Уæдмæ дуарæй æрбахызт Гæбæти æмæ дисы ракæс-бакæс кæнгæйæ фæхъæр кодта: — Ай аргъуан у, æви студентты æмдзæрæн? Ахæм ма уат срæсугъдгæнгæ уыдзæн? — стæй иуварс алæууыд æмæ мидæмæ æрбауагъта Данел æмæ Æхсары дæр: — Уæ хорзæхæй, зæгъут-ма, институт уын æй афтæ сарæзта æви уæхæдæг? — Æлмæ дзы цæуыл дис «æнат, ахæмæй куы ницы ис. Институты агъуыст йедтæмæ ницы у. Уæттæ та адæм фæаразынц æмæ -мах дæр адæм стæм, кæд дзы исты хорзæй сарæзтам, уæд, — æмæ Алтег дызæрдыг каст бакодта Данел æмæ Æхсармæ. Данелы къухты уыди гæххæтты мидæг цавæрдæр тыхтæттæ, Æхсармæ та бæгæны æмæ æндæр нозтытæ. — Мæнæ Гæбæти цины хабар фехъуыста — Валя йын бынтон сдзæбæх, ахсæв æм ласынмæ цæуы æмæ уый хуынтæ сты, — загъта Данел. — Сдзæбæх. Раст, зæгъы, чызгæй «уыддæриддæр уыдтæн, афтæ сдæн æмæ цæрын уазæгдон «Мæскуыйы». Дæс æмæ дыууиссæдз азы цæрын æз ацы дунейыл æмæ мыл уымæй стырдæр цин никуыма сæмбæлд æмæ сæмбæлдзæнис. Уый сдзæбæх кæнын чи бафæрæзта, уыцы дохтыртæ адæмы амондæн райгуырдысгы æмæ сын сæ цæрæнбоны тыххæй фæйнæ бануазæм, кæй куыд фæпды, афтæ, — æмæ та ногæй дзурын райдыдта, йæ фырцинæй æрдæбонсарæй Данел’итæн цалдæр хатты цы хабар радзырдта, уый. — Телефонæй мæм куы сдзырдта Валя, уæд ыл фыццаг æууæндгæ дæр нæ бакодтон, фæлæ йын йæ 319
хъæмæс тынг хорз базыдтон æмæ ма йыл æнæ æууæндгæ дæр цы гæнæн уыдис? Æмæ мæм афтæ дзуры: — Кæцæй, зæгъы, дзурын, уый ма базон? Кæцæй, зæгъын, хъуамæ дзурай дæ инстигут йедтæмæ. Уæдæ мæ, зæгъы, нæ базыдтай. Æз, дам, дзурын Мæскуыйы сæйраг гелеграфæй. Æмæ, зæгъын, рынчынæй уым кæцæй балæууыдтæ? Рынчын, дам, нал дæн æмæ дзургæ дæр уый тыххæй кæнын. Мæ мад мæ куыд ныййардта, афтæ едзæбæх дæн, институтæй мæ рафыстой æмæ «Мæскуыйы» цæрын. Æмæ уый афтæ чи сдзæбæхкодта, уыдонæн сæ хæрзтæ ницæмæй бафиддзыстæм, фæлæ сын, зæгъын, сæ цæрæнбонты тыххæй уæддæр бануазын хъæуы... Фегом кæнут æвгтæ æмæ сын раарфæ кæнæм, тагъд кæнын æз. Куы уын æй дзырдтон, Дзибус дæр мемæ цæуы, зæгъгæ, æмæ мæм кæд афонмæ æнхъæлмæ кæсы вагзалы, уæддæр бæрæг нæй. Алтег æмæ Гæбæти бæгæныйæ, Данел æмæ Æхсар та сæнæй зæрдиаг арфæ ракодтой Валяйы профессортæн, стæй сын сæ цæрæнбоны тыххæй банозтой. Бирæ нæ бафæстиат сты, æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ Дзибус æмæ Гæбæтийы Мæокуымæ афæндараст кодтой. 17 Фыццæгæм май. Хъæлдзæг у Дофка. Абон хъуамæ горæты арвита йæ бæрæгбон. йæхи сарæзта. Скодта йæ хуыздæр дзаумæттæ. Бирæйæ сфæнд кодтой иумæ ацæуын — Хасмел, Дæгка, Зæлинæ... Хасмел ын зæрдæ бавæрдта — мæ фæндаг дæуыл акæндзынæн, зæгъгæ. Æнæнцой у Дофка æмæ рудзынгæй акæс-акæс кæны, фæлæ никæцæй зыны Хасмелы машинæ... Æниу цы сæрра ис зæрондæй, Зæлинæ йæхи сабыр куы дары, уæд... Ноджы бынтондæр цæуынмæ дæр нæ хъавыдис, æфсæрмы кодта, æнхъæлцау -кæй уыд, уымæй. Уалынмæ фæзынд уынджы Хасмелы машинæ. — Чындз, машинæ æрхæццæ æмæ дæхи ацæттæ кæн, — ахъæр кодта Дофка, «æд зыдта, цæттæгæнинаг ын кæй ницыуал ис, уый, уæддæр... 320
Хасмел машинæйæ рагæпп кодта, йæ рыгтæ ацагъта æмæ даргъ къахдзæфтæй æрбараст мидæмæ. Асинтæй тыргъмæ нæма схызт, яфтæ Дофка йæ размæфæци æмæ йын загъта: — Дофка, дæ арахъхъæй иу ануазынмæ æруадтæн. Дæ арахъхъ кæй уарзын, уый Сандыр дæр ма зыдта... Дофкайæн йæ зæрдыл æрбалæууыд райкомы секретарь. — Æгайтма пенсимæ ацыдис. Хорз лæг уыдис, хорз фæкуыста æмæ уадз æмæ баулæфа... Мæ хуызæн, æгайтма колхозон нæу, æндæр ын пенои чи раттаид? — Хорз дыл æрцæуæд... Æвæццæгæн дын æй Дзибус нæма загъта... Ног усджын у. Валяйы куы сластой, уæдæй нырмæ сæ ныхæстæ кæрæдзийæн конд нæма фесты. 0, пенсионер дæ окодтой. Цас дын снысан кодтой... мæ зæрдыл нал лæууы... — Ныр та мæнæй хынджылæг кæнын райдыдтай... — Нæ, Дофка, хынджылæг нæ кæнын... Абон хъавæн бон у, фæлæ хынджылæгпæнæн бон нæу. Цæй мауал лæуут, фæстиатгæнæн нæй,— аамæйæ сахатаæ æркаст... Машинæ уайы асфальт фæндагыл. Бады йæ чындзы фарсмæ Дофка... Фыццаг хатт... Фыццаг хатт афтæ рæсугъдæй уыны быдыртæ, кæд ацы фæндагыл бирæ хæттыты цыдис, уæддæр. Фыццаг хатт тырны йæ зæрдæ горæтмæ, куыд никуыма тырныдта, афтæ, кæд горæпмæ хъуыддæтты фæдыл суайын уарзта æмæ дзыиуарæх уыдис, уæддæр. Ныр ын горæты ис йæ иунæг, сидзæргæс нæмæн ныббадтис, уый. Ноджы бинонтæй цæуынц ацы хатт. Уалынмæ сæ фæстæ фæзынди Дзибусы машинæ дæр. Машинæ тынг тахтис æмæ сæ иувæрсты разæй кæнын куы райдыдта, уæд дзы Дофка Дзибусæй дарддæр ма федта Валяйы, йæ уæлæ урс къаба, афтæмæй. — Гъа, Алтег, уый дын дæ бинонтæ, æнæхъæнæн. Хъæуы дзы ничиуал ис, — загъта худгæйæ Хасмел. 21 Адæм а^æм сты 321
— Дæ фæхъхъау мæ уд фæуа, æмæ куы зыдтай абон хъæуæй кæй есæудзыстæм, уый, уæд дружинæйы радгæс цæмæн дæ, цæуыннæ дзы ракуырдтай дæхи? — фæлмæн уайдзæф кодта мад Алтегæн. — Бæрæгбон у абон, æмæ дружинæйы фылдæр адæм хъæуы. Фæлæ тыхсгæ ма кæн, æз паркмæ æрвыст дæн æмæ уым иумæ фæуыдзыстæм. Æз Данелыл дис кæнын, йæ рæстæджы йæм хъæуы уыцы хъуыды кæцæй æрцыдис æмæ дружинæйы хуызæн куыд сараэзта, ууыл, — бахудг Алтег. — Цæут уал, кæуылты азилынмæ хъавут, уырдæм, стæй-иу паркмæ рацæут, — Алтег æркаст йæ сахатмæ, — æз та мæ куыстмæ тагъд кæнын... Сабыр æмæ хъæлдзæг уыдысты парчы адæм,— æмæ дзы Алтег æмæ йе ’мбæлттæн ницы куыст уыдис, уыдон дæр тезгъогæнæг адæмы æхсæн рацу-бацу кодтой. Фæссихоры цыппар сахатыл сæм фæзындысты Дофкаиты къорд æмæ сæ фæллад суадзынмæ иудзæвгар абадтысты. Горæты чи цæры æмæ паркмæ чи цæуы, уыдон фиппайгæ дæр нал кæнынц парчы рæсугъддзинæдтæ. Фæлæ Доф«а кæд горæтмæ суайы, уæддæр æй хъуыддæгтæй никуы равдæлди парк бабæрæг кæнынмæ, абон дзы фыццаг хатт ис æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Стыр асинæй <куы ныххизай, уæд бæрзонд фæцыди дурын кæсаглас, йæ сæр хæрдмæ систа æмæ йæ дзы>- хæй дон фантан ныллæууыдис. Æмæ хауы бынæй стыр тæбæгъгондмæ, уырдыгæй цыхцырджытæй кæлы бынмæ, стыр къусгондмæ æмæ къусгонд дзаг нæ кæны, фæлæ дон йæхæдæг кæдæмдæр лидзы. Уæд уæртæ уыцы диссаджы æлвыд бæлæстæн та уæлейы уыцы ахокоратæ куыд скодтой! Уæд, сæ быныхъæр макуы разила, нартхоры нæмгуытæй та нывтæ куыд кæнынц? — Цæй, цом æмæ ныр паркыл азилæм, кæд уæ фæллад ссыдис, уæд, — загъта Алтег æмæ сыстад. Сыстадысты иннæтæ дæр æмæ дзыллæты æхсæн аныгъуылдысты. Хорз куы фæтезгъо кодтой, уæд Алтег сæ уаты дуары дæгъæл радта Доф’камæ: — Абæрæг нæ кæнут, абон бæрæгбон у, цыдæртæ 322
дæр дзы ис дзæбæхдзинæдтæй. Мах дæр ныртæккæ фæцæуæм. — Уæ ард уæ хæдзары макуы бацæуа, ныры фæоивæд. Æмæ дзы кæд ахæм хабар ис, уæд мæ ам цы дарыс изæрысарæй дæр? — хъазгæйæ загъта Хасмел.— Цомут уæдæ уырдæм. Чысыл куы ауадысты, уæд кæсынц æмæ фантаны раз адæм цæмæндæр окъорд сты. — Уым цыдæр хъаугъа ис, бахатыр кæнут,— загъта Алтег æмæ Данелимæ тагъд-тагъд ацыдысты. Зын бабырæн уыдис адæмы æхсæнты, фæлæ сын сæ цæнгтыл сырх хæцъилтæ чи уыдта, уый сын фæндаг лæвæрдта. Адæмы æхсæн кæимæдæр хыл кодта Суцца æмæ йæ къух кардыл дардта, фæцъортт кæнын æввонгæй. Кæи■мæ хыл кодта, уый дзы бирæ стырдæр æмæ фидардæртæ уыди, фæлæ, æвæццæгæн, Суццайæн адæмы æхсæн уыдысты йæ къорды адæм. Алтег бамбæрста, уыдонæй исчи над куы баййафа, уæд дзы стыр хæст рауайдзæн. Æмæ йе ’мбалæн йæ цæстæй ацамыдта, Суцца кæимæ хыл кодта, уый æрсабыр кæн, зæгъгæ, йæхæдæг Суццайы уæхскыл йæ къух хæлары æвæрд æркодта æмæ йæ загъдæй ракодта. Адæм дæр, хыл нал уыдзæн, уый куы базыдтой, уæд ахæлиу сты. Алтег æмæ Суцца хæлæртты цыд кодтой паркæй рахизæнмæ, Алтег Суццайы наркæй рафæндараст кæнинаг уыди, макæимæуал фæхыл уа æмæ адæмы ма хъыгдара, зæгъгæ. Дуармæ куы рацæйхæццæ кодтой, уæд ма Алтег фæстæмæ йе ’мбæлттæм фæкаст, афтæмæй загъта: — Кæд ныууадздзынæ дæ хъæддаг м-итæ æмæ кæд нал æнад кæндзынæ цард дæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр?.. Æмæ уайтагъд бамбæрста, йæ гуыбын судзгæ рыст кæй скодта, уый. Стæй ницуал базыдта æмæ сындæггай зæххыл æрфæлдæхт. Цалдæр гæппæн сæ баййæфта Данел. Фæхæст Суццайы æфцæгтотыл æмæ йæ фехста. Бæласыл сæмбæлдис Суцца æмæ сурæй аззад. Цалынмæ сæм Хасмелитæ хæццæ кодтой, уæдмæ Данел Алтеджы йæ къухтыл уынгмæ хаста — мара323
дзут, тагъд машинæмæ фæдзурут, — хъæр кæнгæйæ. Алтеджы цæстытæ æрдæгæхгæд æркодтой, урс хæрв сыл абадт æмæ бæрæг уыд — уыцы рæсугъд, æфсæрмхуыз цæстытæ кæй никуыуал ракæсдзысты...
ЧИНЫГКÆСДЖЫТÆМ Раст куы зæгъон, уæд роман тæрхондонæй райдайынмæ хъавыдтæн, уымæн æмæ ацы хабæрттæ суды базыдтон. Суцца тæрхондоны раз иунæгæй не ’рлæууыд, йæ фарсмæ уыдысты къорды уæнгтæ се ’ппæт дæр. Слесты заман рабæрæг сты се ’ппæт фыдраконддзинæдтæ дæр. Уыдон æнтъыснæгæй сæ къæхты бынмæ кæсынц. Фæлæ ма уæддæр Суцца сæрæнхуыз уыди, Къæдзæх йæ фарсмæ кæй бады, уый дзы ныфс уагъта. Æмæ йæ тæрхондоны лæгтæй иу куы бафарста — уагæр дæ цавæр маст бацыд, адæмы марынмæ кард куыд систай, зæгъгæ, уæд æппæлæгау загъта: — Æз лæг дæн. Лæг та йæ кадæй лæг у æмæ мын уымæ чи æвнала, уымæн хатыргæнæн нæй. Уый тыххæй систон кард. — Æмæ дæ уæддæр цæмæй æгад кодта? — Уыдон дардыл хабæрттæ сты... Тæрхондоны лæгтæй ныхасы бар ракуырдта Дофка. Фæлæ куы сыстад, уæд дзурын йæ бон нæ уыд, цæстытæй кæд кæсгæ кодта, уæддæр ницы уыдта. Адæм æм цымыдисæй кастысты. Йæ цæссыгтæ цалдæр ныхъуырды акодта æмæ уæд хъуыр фегом. — Йæ иунæджы цы мадæн амарынц, уымæ ныхæстæ нал вæййы, мæ хуртæ... Мæн ма цы хъæуы?.. Фæлæ мæнæ ацы адæм... Искæйы хæдзар ма куы фехалой... — æндæр ницуал дзурын сфæрæзта Дофка... Тæрхон куы кастысты, уæддæр ма Суцца сæрæн касткодта, фæлæ куы айхъуыста: уыцы бирæ фыдмиты 325
тыххæй Бурдзиаты Цæрайы фырт Суццайæн æмæ Тохтеты Дзамбеджы фырт Къæдзæхæн хаст æрцæуæдмарыны тæрхон. Адæм сæмдзæгъд кодтой. Суцца сæм тарст каст фæкодта, стæи йæ мидбынаты æрхауди. Æрмæст æй хъуыды дæр ничи æркодта, адæм кастысты Дофкамæ, мæт сыл чи кодта, уыцы æфхæрд, саударæг сылгоимагмæ. 1957—1959 азтæ.
ЧИНЫДЖЫ СÆРГÆНДТÆ Ф ы ц ц а г х а й I Ахуыр йæхнон домы 3 II Цард аразгæйæ у 74 Дыккаг х а й I Хурбон дæр фæзыны мигътæ 150 II Амонд кæнгæ у 210 Чиныгкæсджытæм 325
Дабе Хабиевич Мамсуров люди это люди (роман) Редактор У. А. Богаэов. Художник Ю. А. Д з а н т и е в. Художестоенный редактор У. К. Кануков. Тех. ^едактор А. А. Д з г о е в. Корректоры: И. Д. Каболова, В. Т. Дзодэикова Сдано в набор 31-У-1960 г. Подписано к печати 15-УП-1960 г. Формат бумаги 84x108 ^/заПечат. листов 16,81. Учетно-изд. лнстов 15,62. Заказ >4 2054. Изд. № 77. Тираж 3000. ЕИ 01168. Цена 6 р. 20 к. С 1-1-1961 г. цена 62 к. Северо-Осетинское книжное издателъство, г. Орджоннкидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.
Бафиппайд рæдыдтæ Фарс 57 85 85 89 98 122 156 202 326 Рæнхь 7—8 дæле 1 дæле 1 дæле 17 дæле 15 дæле 8 дæле 10 дæле 15 уæле 1 уæлс Фыст у Уæд исчи афтæ кæиы. цыстьпæ æрттынд Æгæр уæллоз ныхас кæныс?! не ’рцыдаид? дæ фæхъхъау фæуоп уæд уып æьзæр у... На Цæрайы фырт Кæсын æй хъæуы Уæд исчи афтæ кæны? цæстытæ æрттынд 1 Æгæр уæллоз пыхас кæныс! нс ’рныдапд. уæ фæхьхьау фæуон уæд уьп! æпзæр у?.. Напа Лдылбш’’нл фырт Мамсыраш Дæбе. Адæм адæм сты.