Теги: журнал   фидиуаг  

Год: 1988

Текст
                    «Чындзхæсджытæ æрцæуынц»
«Æрæгвæззæг»
Цъары фыццаг фарсыл «Хæххсн хъæу»


АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ I*"-"^ ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН ^ТЧ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ I #11 11 Л\ 1НГ Г^ гсср ФЫСДЖЬ1ТЫ Цæдисы ^Л ^/\/\ /1 1/1\//-*г 1 хуссар ирыстоны I Г П? / ХАЙАДЫ ОРГАН ДЕКАБРЬ Ц ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ ЯНВАРÆЙ НОМЫРЫ ИС ДЖУСОЙТЫ НАФИ — Рацарæзты сæрыл рагæй тохгæнæг (Пли- ты Грнсы райгуырды 75 азы бонмæ) . 3 ГРИС — Æмдзæвгæтæ . . . . 5 ЦГЪОЙТЫ ХАЗБИ — Фæсмон (уацау) 9 ПЛИТЫ ФЕЛИКС — Æмдзæвгæтæ . . 25 СКИФИРОН — Æмдзæвгæтæ 30 ХЪОРОТЫ СОСЛАН — Дзебо (радзырд) .... 36 РЫБАКОВ АНАТОЛИИ — Йæ фыды мысгæйæ (романæй скъуыдлзаг) . . . ... 41 ПУХАТЫ ПЕТРО — Æмдзæвгæтæ 45 ЛИТЕРАТУРОИ НОГДЗАУТÆ УАЛЫТЫ ЗАРÆ — Чысыл радзырдтæ 47 ОЧЕРКТÆ ГРОДНЕВ МИКОЛА — Фæстаг зарæг 49 КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР — Фæстæмæ акæсгæйæ 53 БУЛКЪАТЫ МИХАЛ — Поэты автопортрет . . 60 ТУГЪАНТЫ ЭНВЕР — Санахъоты Мате . . .... 64 ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН 1 _ Чи дæ Сталин? ... 70 БАГАТЫ ЧЕРМЕН ( КЪÆБЫСТЫ РУТЕН — Адæймагон фактор æмæ культурæ . 78 ЮМОР ÆМÆ САТИРÆ ГАГЛОИТЫ ВЛАДИМИР — Рæстдзинадагурæг 83 ДЖИОТЫ ПАВЕЛ — Худынц рестораны кусджытæ 89 БАГАТЫ ВИКТОР — Жибо . ... ... 90 Культурон царды хроникæ . . . 92 Журнал «Фидиуæджы» 1988 азы мыхуыр æрмæджытæ ... 94
Ф ИДИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза писателей Грузии ЗШЗОСГШЗО’ЗЛО е?о<*>ОАбмлзсг-эьабЗбзе?о р ьбъспаб^саоабоз-зсасгодо^б З’ЗЛБбСГО В©98®@$С23^3^@$&©©@&&?3@©©&ЭДвв9еде*0»8 СÆИРАГ РЕДАКТОР ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ. ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ДЖУСОЙТЫ НАФИ ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆРГЪИТЫ КЪОСТА ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон секретарь) ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД РЕДАКТОРТÆ: БАХЪАТЫ НУГЗАР ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Коррсктор Болататы Ленæ Журнал «Фидиуæджы> фæлындзыны хъуыддаджы техникон æмæ полиграфион къуыхцытæ æмæ згъуыдты тыххæй дзуапп дæтты типографи. Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 10. XI. 1988. Подписано к печати 13. I. 1989. Учетно-изд. л. 6,9. Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,9. Заказ типографии № 1922. ЭТ 00201. Тираж 4564 экз Адрес редакции. г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
ПЛЙТЫ ГРЙСЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХШТ 75 АЗЫ ДЖУСОЙТЫ НАФИ Рацарæзты сæрыл рагæй тохгæнæг Грис ирон литературæйы барджынæй ку- сы йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ — ома 60 азы бæрц Уый стыр æмгъуыд у. Уыцы би- рæ азты дæргъы Грис стыр куыст, удуæл- дай куыст фæкодта. Ныр гæнæн ис, æмæ Грис йæ дардыл хосгæрстмæ, йæ удхайраг балцы фæндагмæ, йæ фæззыгон наймæ йæ уæхсчы сæрты акæса æмæ банымайа, Къо- стайы загъдау, — «Иæ кадæг, йæ зарæг — Йæ цард-хоры конд». Хъуыды кæнын, цымæ цы зæгъид Грис, йæ бирæ куысты фæстиуджытыл куы тæр- хон кæнид, уæд?.. Чизоны, Къостайы мæ- гуыр лæджы ныхас. «...мæ афæдзы мызд—■ Гасæй иу хоры кæфой!..» Цымæ раст уа- ид ацы ныхас? Раст уаид, Грис йæхи уды цæстæй куы акæсид йæ цард æмæ йæ куы- стмæ, уæд. Фæлæ нæ уаид раст, уыцы куы- сты фæстиуджытæм адæмы æмæ фидæны цæстæй куы акæсæм, уæд. Уымæн æмæ поэт адæмæн æмæ фидæнæн кусы. Адæмы зонд æмæ удыхъæд уарзондзинад æмæ рæсугъддзинады фисынтыл амайынæн цы фæахъаз вæййы поэты аивад, уымæй бар- гæ у йæ «фæззыгон най». Раст у, Грис официалон критикæ æмæ администрацийæ ныр дыууиссæдз азы дæр- гъы æфхæрд æмæ мастæй дарддæр ницы зоны. Уый нæ зæрдыл куы дарæм, уæд йæ «афæдзы мызд» «иу хоры кæфой» дæр нæу... Нæ зæрдыл куы дарæм?.. Афтæ цæуы, цыма уымæн рохгæнæн ис. Искæй хъыгæн йæ ферох зын нæу, фæлæ уыцы хъыг чи ’взары, уымæн та йæ зæрдыл адзалы бонмæ лæууы. Махæн дæр рохгæнгæ хъуамæ ма уа. Грис хæстæй куы ’рыздæхт, сгуыхт сал- дат æмæ афицсрæй, йæ диссаджы чиныг «Салдат» куы рацыд мыхуыры, уæдæй ныр- мæ, дыууиссæдз азы дæргъы æвæрд уыд официалон критикæйы раз милмæ. Æмæ йæ, хъабахъхъы æвзист сомау, гæрæхтæ кодтой администрацийы æхсины лæгтæ кæнæ дымыстæртæ, кæмæн куыд амыдта йæ къух æмæ йæ хæцæнгарз, афтæ... Уыдон æхсæн иунæг критик дæр нæ уыд, фæлæ лæджы бафхæрынæн, багæрах кæнынæн критик кæнæ снайпер цæмæн хъæуы?.. Æфхæрæн фидистæ зоныс, уæд сæ искæуыл зæй рауадз. Нæмыг дæм ис, топны мæнгвæдæгыл æрхæцын зоныс, уæд искæй багæрах кæн. Маргæ йæ куынæ акæнай, цæф уæддæр фæуыдзæн, цæф нæ фæци, тæрсгæ уæддæр фæкæн- дзæн, æмæ уый æхсызгон уыдзæн хицауæн, уый армæй дæм уæлдай къæбæр æрхау- дзæн!.. Ахæм зондыл хæст «критикты» амæттаг уыд Грис 40 азы дæргъы. Стæй уы- цы «критикæ» мыхуыры æфхæрдыл миййаг нæ лæууыд. Уый йæ иу хай уыд æрмæст. Администрацийы ардыд «критиктæ» кодтой сæхи «куысты хай», æфтыдтой адæмы цæсты поэты аивад мыхуыры руаджы. Администраци йæхæдæг та кодта комкоммæ æфхæрды куыст—Грис йæ тæккæ лæджы кары куы бацыд, уæд æй (1952 азы) куыс- тæй систой (журнал «Мах дуджы» редакторы бынатæй) æмæ уæдæй абонмæ цæры æгуыстæй. Зæрдыл та æрлæууынц Къостайы ныхæстæ чысыл ивдæй: «Æвæццæгæн, загътой: йе — амæл, йе — цæр». Нæ, Грис, æхсонвидар лæг, царди æмæ куыста. Царди æмæ хæцыди тыхмийы ныхмæ, хæрамдзинады ныхмæ, æхсæны царды æнæрæст- дзинæдты ныхмæ йæ аив дзырды хъаруйæ. Фæстаг дыууиссæдз азы дæргъы ирон литературæйы цы аив уацмыстæ фыст æрцыд æхсæны царды æнæрæстдзинæдты ныхмæ, уыдон æхсæн Грисы уацмыстæ кæддæриддæр уыдысты развæдгæнæг. Афтæ уыд поэ- зийы æмæ драматургийы Грис радзырдтæ æмæ уацаутæ никуы фыста, фæлæ нæ про- зæйы хуыздæр уацмыстæ дæр сæ идейон-æхсæнадон пафосæй æнæмæнг баст уыдысты Грисы уацмысты рæстдзинадагурæг хъуыдыйыл.
Грис цыфæнды æфхæрд æййæфта, уæддæр иунæг æмæ иппæрд никуы уыд нæ дæр æхсæны цардæй, нæ дæр литературæйы фыдæбойнаг архайд æмæ тохы быды- рæй. Нæ литературæйы курдиатджын æмæ хъуыдыгæнæг хай, йæ уд æмæ йæ зонд рæстдзинадмæ æмхиц кæмæнæриддæр уыдысты, уыдон се ’ппæт дæр тыгуыр кодтой Грисы æмæ йæ поэзийы алфæмблай. Уымæн æмæ Грисы поэзийы сæйраг пафос уыди кæддæриддæр (чиныг «Салдат»-æй райдайгæйæ) рæстдзинады сæрыл хæцын. Æмæ рацарæзты сæйраг идепæ дæр уый у: рæстдзинад ныббиноныг кæнын паддзахадæй паддзахады, адæмæй адæмы, адæймагæй адæймаджы ’хсæн ахастыты, æхсæны царды, администраци æмæ адæмы ’хсæн ахастыты, литсратурæйы, экономикæйы, экологийы хъуыддæгты, иудзырдæй, дунейы царды æппæт къабæзты дæр. Æмæ Грис йæ зонд, йæ курдиат, йæ уды тых æй куыд амыдта, уымæй кæддæриддæр хæцыд ахæм рæст- дзинады сæрыл Уыма^н æй у нæ бон схонын — рацарæзты сæрыл рагæй тохгæнæг. Грисы сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис, сæрмагондæй пртасинаг æмæ базонинаг фæзынд у, нæ аивады стыр æмæ къабазджын, фидæны дугмæ æххæссæг, æнустæм цæрæццаг фæзынд. Фæлæ уыцы бæстон ныхасы рад нырма нс ’рлæууыд кæнæ та нæм, растдæр зæгъгæйæ, уыцы куыст бакæныны тых нæма ис, кæд ис, уæд та нæ нæ фадат нæ амоны, фадат та аразæг у. Фæлæ мæ фæнды уæддæр иу хъуыды зæгъын. Грисы поэзи ныртæккæ у тынг актуалон, рацарæзты пафос рагæн фæстæмæ ис йæ аивады тугдадзинты. Иæ ныхмæ уымæн карзæй хæцыд нæ официалсн критикæ æмæ йæ хи- цау—администраци. Ацы фæззæг Грисыл сæххæст 75 азы æмæ уыцы зæрдылдаринаг бонмæ нæ рауагъдæттæ ницы сарæзтон Грисы хуыздæр уацмыстæ ногæй адæмы рæгъ- мæ рахæссыны охыл. Дызæрдыггаг нæу, рацарæзты идейæйыл амад кæй уыд Грисы драмæты хуыздæртæй сæ иу «Æууæнк» Дызæрдыггаг нæу уый дæр, æмæ уыцы драмæ йæ рæстæджы барæй кæй авæрдтой тсатры фæсдуар. Ныр æм ногæй æрыз- дæхын кæй хъæуы нæ драмон театры, уый дæр бæрæг у Æмæ ууыл нал дзурын, ской æри у, æри тыхми у. Бамбарынæн иу сулæфт дæр фаг у. Зæгъинаг ма цы дæн, уый — арфæйы ныхас Грисæн йæ райгуырдыбон, не ’ппæ- тæн (фыссæгæй, чиныгкæсæгæй) хъуыдиаг æмæ зæрдылдаринаг бон. Куы загътон, нæ литературæйы раззаг кусджытæ Грисы хæлæрттæ уыдыс7_. сс 'гх._;т рагæй фæстæмæ. Гафез, Дзугаты Георги, Бекъойты Елиоз, Цоциты Резо, Бестауты Гиуæрги, Гаглойты Владимир, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Æлборты Хадзы-Умар, Хъодалаты Герсан, Ха- цырты Серги, Джиоты Дауит, Плиты Илья, Ннга, стæй кæсдæртæ иу-стæмæй дард- дæр. Æз дæр дыууиссæдз азы дæргъы, къæвда бонтæ мыл куы скæны мæ царды, уæд æдзух мæ уд тавын йæ курдиаты, йæ зæрдæ æмæ йæ зонды цырен артдзæстмæ. Иу ахæмы мæм æрхауд Карибы денджызæй стыр хъузг. Иæ комыл мæ хъус сæвæрд- тон æмæ мæм æрбайхъуыст доны нæ, дзыллæты океаны цпн æмæ масты хъæрахст... Мæ зæрдыл æрлæууыд Грисы курдиаты тæхудиаг миннуæг — адæмы зæрдæйы, ду- нейы дзыллæты зæрдæйы, стæй зæхх æмæ арвы зæрдæйы хъыг æмæ цины хъæр хъусын, цыфæнды фæсус æмæ ныллæр куы уа, уæддæр. Æмæ мæ зæрдыл æрæфтыды- сты мæиæ ацы стихам’ад ныхæстæ, кæд Грисы аккаг не сты, уæддæр .. Уыд ацы хъузг Кариб денджызы сæфт, Уыдис йæ хъуыр ызмисæхгæд дæлдон, Уæддæр уыдта æрфæны фæд æхсæв, Уæддæр æм хъуыст дунейы хъæрзын бон. Ныр фод дæ фынгыл фарны бон æвæрд, — Миййаг куы уа дæ зæры бон тызмæг, Уæд дын куыд кæна арвы зарæг сæрд, Куыд дæм хæсса дунейы хъаст зымæг. Кæсы дунейы океанæй рисс, Кæфхъуындар дзы хæлиу комæй хуыссы, Фæлæ йыл хъæц: уым иу уды хос ис, — Лæгуарзон ма дзы рухсивæн хæссы. Æмæ йыл хъæц: æрдзæй фæци дæ дин — Æргъæу хъузгау, æрвон сидтмæ къæрцхъус: Дæ удрæбынæй тугдзæссыг цыди, Дæ цæсты бын та — арвы цъæхау, хус. Хуыцау дæ радта Иры зæххæн лæг, Куырыхон — зондæй, удæй та — æрра. Æмæ куы уа дæ рыст зæрдæ уынгæг, Уæддæр тæлфæд дæ фæндийæгты рай, Æмæ нын цæр! ^т*
ДАМОКЛЫ КАРД ГРИС Фæуы мæ зард. Æвзæр уыд, хорз — æз ын Дæсны нæ дæн, рæстагдæр уæд дæ бахыгъд. Зæгъын æрмæст, кæй уыд мæ зарын зын, Дамоклы кард кæй уыд мæ сæрмæ ауыгъд. «Куыд зардæуа?» — кæрзын дæ риуæй хъуыст, — Йæ сау марг дыл дæлимонты ’рдонг калы, Дæ къабæзтыл цыдæр рæхыс æртыхст, Цæсгом, æууæнк — сæ иуы кой дæр нал уыд. Нæу хивæнд хорз. Æлдары коммæ кæс, Уый барджын у. Дæхи ды ууыл ма бар, — Цы дын зæгъа — æххæст кæнын дæ хæс, Ды раст нæ дæ, раст иунæг уый у — бамбар! Цы у æрмдар? Дамоклы кард цыргъæй Дæ хæдсæрмæ æрзæбул, цыма сау мигъ, Фæмæсты дæм — дæ рухс сæнттæ пырхæй Нызгъæлдзысты, дæ къух сыл разцæр ауигъ. Фæхудыны, фæкæуыны фæрæз — Лæгæн æрдзæй лæвæрд хæзна — былтæ сты, Дæуæн та сыл ис цъутта конд.«Уæд æз, — Фæзæгъыс, — хорз куьтд ныззарон мæ бæстыл?» Уыд иу хуыцау, егъау, тæссаг, нæ фыд, Ныллæгæй йæм бæрзондмæ кувын хъуыд, — Стæй уый фæзмæг гыццыл хуыцæуттæ цас уыд?.. Æмæ лæгæн сæ алкæмæй дæр тас уыд! «Фырты тыххæй йæ фыд, — дзырдта фæтæг, — Нæ дæтты дзуапп» — Фыддæр мимæ ма цас хъуыд? — «Фыды тыххæй фырт нæу дзуаппдæттæг»... Фæлтæры ’хсæн зæрдæтæбæттæн аскъуыд. Фыдимæ фырт уыдис æгъдауæй баст, Стæй ахауд цæг, сæ бæттæн рæхыс асаст, Лæг ма кæмæн кæна йæ судзгæ хъаст? Цы тæрхонылæгæн зæгъа йæ сау маст? Фырт бахаста йæхи фыдыл мæнг дзырд, Фыд ахст æрцыд, фырт загъта: «Афтæ. Раст дæн!» Тæрхон та уæд мæнг уыд, æви бæлвырд, Уый не сбæрæг. Æрвдзæфау, джихæй кастæн... Зæрдæнад лæг, цы мæгуыр дæ, уæддæр! Дæ судзгæ маст нымбæхстай арф, нæ цудыс, Цыма æртын æвдæм аз у ныр дæр, Трагедион Сырдоны бæхау худыс. Мæлæтæй ма тæрсыс? А-гъай, тæрсыс... Хъуыды кæныс? Цæ? нал. Дæ хуыссæг алыгъд, 5
Кæрон дын тагъд, æнхъæлмæ йæм кæсыс — Дамоклы кард дæ сæрмæ даудæй ауыгъд. Цæуыл, кæуыл ма баууæндай хуыздæр, Уый нал уыд а-мæнг дунейыл дæ удæн, Дæ зæрдæ-иу тыдта, фæлæ уæддæр Æнæбылтæй Сырдоны бæхау худтæ. Мæ зард фæуы, æмæ йыл ма кæ дис, Йе — макуы зæгъ: гыццыл хуыцæуттæй алыгъд. Сайд ма агур мæ зарæджы, — уыдис Дамоклы кард мæ сæрмæ ’рдуйыл ауыгъд. Ноябрь 1983 аз. АТАКÆ Гъеныр дæ зынтæн æрхæццæ кæрон, — Зæрдæ фæйнæрдæм рæмудзы: Ралæууыд адæмы мастисæн бон,— Дур дæр сырх пиллонæй судзы. Цал бæстыл рахызтæ! Хох уа, быдыр — Ивтой кæрæдзи дæ разы, Æмæ цы сырдты цæгъдгæ цыдтæ — ныр Уæртæ сæ сау лæгæт разынд! Мин-мин нæмгуытæ дзы калынц цæхæр, — Къах ма йын бавæр йæ цурмæ!.. О, фæлæ рацыди бардзырд уæддæр: Фидар нын исгæ у штурмæй! Иу цæстфæныкъуылд ма баззад æрмæст,— Цардыл фæстаг фæлгæст акæ... Райдыдта ниудты ниуд, лæгты дзынæзт, Хъарджыты хисдæр — атакæ! Фенкъуысти быдыр, ныннæрыд æваст... Фæлæ мæ уæз та цы фæци?.. Диссаг: мæ салдæттæн тас æмæ маст Цæсгæмттыл ивынц кæрæдзи. Фæлæ нæм нал и цæрынмæ хæлæг, — Райдыдта не ’рмхæст джебогъæй: Топпы хъæр нал цæуы, бакъуырма лæг Ахх æмæ ухх æмæ оххæй. Гъеныр, гъе!—Бахæр дæсыгъдæгдæр ард, Ракæн дæ мастисæн сомы, Де знаджы ахстон кæй уадздзæн цъæх арт Де ’дзард æфсымæрты номæй. Гъей-да-гъа! Бацыд йæ куысты мæлæт, — Сырддон сырх пиллæттæ калы! — Адæмы мастæй фыдгулы лæгæт Фестади уайтагъд æвзалы. 1945
САЛДАТЫ ЦÆСТЫСЫГТÆ Фæхæц, фæхæц, салдат, дæхиуыл, Уысммæ ма бафæраз æрмæст! — Тыхсаст фыдгулы зæххы риуыл Кæны йæ фæстаг улæфт хæст. Йæ фæстаг улæфт, фæлæ удæн Нырма йæ хуылфы ризы тас: Зæххыл цы хотыхтæ ис, уыдон Кæнынц æртхъирæнæй ныхас. Хъæр, богъ-богъ алырдыгæй хъуысы, Мæр судзы, раст цыма хъæмп у, Пырхкалгæ ’гас быдыр æнкъуысы, Зæхх æмæ арв кæнынц æмбу... Фæлæ уый циу? Цы кодта бæстæ? — Æваст хъæр ахæм хъус фæци, Цыма æнусты дæргъы хæстæн Иæ кой дæр никуыма уыди, Цыма хъаймæт бынтон æрхæстæг, Æрхæстæг нæ — цыма æрцыд: Куы ратахт мыдыбындз мыдхæссæг — Йæ тæнæг базырты хъæр цыд... Æркаст рæсугъд зæрин тын хурæй, Йæ уæлæ ахæм цин уыд фыст! — Æмæ салдаты зæрдæ дурæй Сындæггай бæмбæгмæ æрхызт. Кæсы салдат, йæ цæст æвзары: Æфтауы акъаци сыфтæр, Тъæллангæй булæмæргъ ныззары, Æнкъусы дидинæг йæ сæр. Сæ фале саппыл дур саг хизы, Йæ роды дзидзийæ хынцы... Салдат ныджджих и, бацыд дисы: Зæххыл цы диссæгтæ и, цы! Цымæ æпæг уой, æви — фыны? — Йæ зæрдæ байдыдта кæрзын, Æмæ -йæ цæстытæн сæ быны Дыууæ егъау сыгы фæзынд. Йæ зынты фатау цы лæг ацыд, Ныр уый бæрзæйкъулæй лæууы Æмæ салдат, дыууиссæдзаздзыд, Цæхджын цæстысыгтæй кæуы. 1945 ГÆГУ СЛУЖБÆЙЫ Кæд мыййаг Гæгуйы митæ хъуыстат, Йе уын ахæм, чизоны, æрвад и, — Афæдзмæ цыппар бынатæй сыстад Æмæ абон фæндзæмыл æрбадти, 7
Никæд уыд хæстæг лымæн куыстимæ, — Иу ран дæр йæ сæр нæ кодта риссын: «Уæд бынат, æгусгæйæ, мыздимæ, — Æз æндæр цыфæнды куыст дæр исын». Æмæ уад цыфæнды куыстмæ, кафгæ, Сразы-иу бæрнон бынатмæ уайтагъд, Бандон-иу нæма схъарм кодта, афтæ Кæс, æмæ Гæгу фæстæмæ ратахт. Исчи йын йæ хъуыддæгтæм куы кæсы, Уæд Гæгу æдзух фæзилы, цъилау, Йе ’взаг куы йæ цъупп дзыхы ныллæсы, Куы фæзыны, рувасы къæдзилау. Халонау Гæгу кæсы йæ уоны Æмæ уайтагъд фервæзы йæ рыстæй: Дзуапп дæттын кæй хъæудзæн, уый фæзоны Æмæ раздæр ацæуы йæ куыстæй.,. Иубон та йæм къамис ног фæзынди, — Ахæм ран Гæгу уыди хæрзахуыр: Галиу цæст, æнæмæтау, ныцъцъынд и, Рахис та, хатырæнхъæл ныдздзагъыр, «Цæй, Гæгу, — зæгъы йын къамис, — аргъау Ма кæн ды, цы рауагътай дæ фиутæ? Авд мæйы къуыртты куы бадыс каркау, Уæд æппын цæуылнæ уадзыс цъиутæ?» — «Ме ’взæр куыст мæн аххос ма кæн, — загъта, Ам мæ размæ чи уыди, уый знаг уыд: Хъуыддæгтæ хæрз заууатæй ныууагъта, Алцыдæр мын ногæй ивын бахъуыд...» Ногæй та йæм иунæг ми уыд рагæй: Алцыдæр-иу раивта æвзæрмæ. Гъе, уæддæр æвæрдта ныфс æвзагæй: «Тагъд мæ куыст æрцæудзæн ист уæлдæрмæ». Рæстæг цыд, фæлæ Гæгу уæддæр ма Мисхал ницы равдыста æнтыстæй, Не ’рцыд ист йæ куысты хъæд уæлдæрмæ, Ист æрцыд æрмæст йæхæдæг куыстæй. Фæлæ нæ, Гæгу æнкъард нæ уыди, — Ракаст та йыл ногæй хур зыгъуыммæ: Зæрæстонæй хæрæг тард æрцыди, Фæлæ бацыд мæнæуы цъæх хуыммæ. Бады та бæрнон куысты ныртæккæ, Кусджытæй та зоны иунæг бухы, Аразы æхцагæнæн хъуыддæгтæ Æмæ мызд дзыппыдзагæй æмпъухы. Кад æмæ æгад цы сты — нæ хаты, Искæуыл фыдгой кæнын — йæ цинтæ, Хахуырыл æхсæв къуыртты фæбады Æмæ уадзы, цъиутау, анонимтæ... Хорз адæм! Къæрцхъусдæр ут уæхæдæг, Науæд уыл Гæгу цæуы зыгъуыммæ, — Тард куы ’рцæуа зæрæстонæй хæрæг, Уæд-иу мауал баирвæзæд хуыммæ. -+&>$
ЦГЪОЙТЫ ХАЗБИ ФÆСМОН Уацау Рог машинæ йæ куыд смидæг кодта æрдзы хъæбысы, уый æрæ- джиау бафиппайдта Абаци. Чысыл раздæр ма горæты уынгты згъорд- та. Хуры хъæрммæ тæвд асфаль- тыл машинæйы цæлх&тæ æндæгъ- дысты, æмæ дзы куыд хицæн код- той, уый уынæр æм гом рудзынгæй мидæмæ хъуыст. Æнуд уæлдæфæй сулæфæн нæ уыд. Ныр цæлхыты хъæр дæр нал хъуысы, уæлдæф дæр фæсатæг. Иучысыл ма æмæ Абаци нарæг комы балæууыд. Сау уаццаджы хуызæн асфальтæй æмбæрзт фæндаг дыууæрдыгæй хæхтæ æнгом æрбал- хъывтой. «Жигули» размæ схойы, бæх йæ барæджы куы ахæсса, уы- йау. Фæндаг цæстытæй кæм фæзи- лæны амбæхсы, кæм та йæ хæхтæ аныхъхъуырынц. Фæхстыл, айнæг къæдзæхтыл, егъау тъæпæн дуртыл мыдадзы цырæгътæ æрсадзæгау, хæрдмæ фæцыдысты рæхснæг бæ- лæстæ. Сæ бынмæ хохаг знæт цæу- гæдон абухы дуртимæ, йæ пырхæн- тæ схъиуынц хæрдмæ. Дурты пæнд- ты ’хсæн, фыцгæ-æхсырау, урс-урсид фынк калы. Абаци тындзы размæ. Кæдæм размæ, уый йæхæдæг дæр нæ зоны, хъуыды дæр ыл нæ акод- та. Йæхицæй лидзыныл арха- йы, йæ ивгъуыд цардыл мæрды- рох æфтауы, фæлæ уый йæ фæстæ згъоры, æййафы йæ, рох кæнын нæ комы, йæ уд ын зындоны арты су- дзы. Дæллаг галау, бастад, æмæ йыл куыдфæндыйы зæрдæйыуаг фæтых. Йæ рог машинæ æмæ хохаг фæндаджы бар бакодта йæхи. Кæ- дæм æй фæхæссой, кæдæм æй фæкæ- ной — бар сæхи. Кæдæмфæнды дæр, куыдфæнды дæр. Нал æм рис хъары, нал — æхсызгондзинад. Нал уыны хæххон æрдзы рæсугъддзи- над дæр. Чысыл раздæр галиуæр- дæм фæзилæны фæрсты кæй расыф- фытт ласта, уый дæр нæ бафиппайд* та. Афтæмæй та уый уыд «Сатæг суадон»-мæ фæзилæн. Абаци «Зæд- ты бадæн» кæй хоны, уыцы бынат- мæ фæндаджы райдайæн. Бæрцæй цалдæр бæласы зайы рæ- суг æнæном суадоны алыварс. Раст цыма сау хъæдæй дон нуазынмæ æрцыдысты æмæ суадоны цъæх цæстытæй сæхи атонын нал фæра- зынц æмæ ам лæугæйæ баззадысты, уыйау. Суадон фæндагæй дæрддзæфго- мау у. Сабыр, æнцой бынат. Аба- ци ам абадынæй фылдæр ницы уарз- та. Æцæг иунæгæй нæ! Æмбæлт- тимæ, сылгоймæгтимæ. Физонджыты уæлхъус. Сæ хæрздæф нозты тæф- имæ куыд иу кодтаид, афтæ. Ацы бынат аргæ дæр йæхæдæг скодта. Цæугæдоны был сабыр ран кæм абадæм, зæгъгæ, ахæм бынат агур- гæ ацырдæм куы æрбаирвæзт, уæд ыл æрбакæсæнæй уайтагъд йæ цæст æрхæцыд. Æниу хохы рæбын хи- бар бæлæсты цы бафиппайын хъуыд. Суадон ма дзы и’с, уый куы базыд- та, уæд æм фæндаг айгæрдыны фæнд ноджы фæтыхджындæр. «Жигули» йæм цæмæй бацыдаид, уый тыххæй егъау дуртæ фæйнæрдæм атылдта, чысыл адгуыты лыстæг дуртæ нык- калдта. Стæй суадоны алыварс ныс- сыгъдæг кодта, бæлæсты бын дон- ласт къодæхтæй бандæттæ сарæзта фæйнæджы гæбæзтæй та — фынгтæ. Æмæ цæлгæнæн бынат фестад. Чы- сыл ма бæрзонддæр ран куы уыда- ид, æврæгътæм куы хæццæ кодта- ид, уæд Æфсатийы бадæнæй цы кæ- ныс! Фæлæ йьтл уæддæр «Зæдты ба- дæн» хорз сбадт. Абаци «Зæдты ба- дæн»-мæ бауайæм, зæгъгæ, загъта, уæд æмбæлттæй алчи дæр зыдта, кæцы коммæ, кæцы ранмæ цæуынц, уый. Комы быгъдæджы йæм кæм фæзилын хъуыд, уый дæр йæхи йед- дæмæ рæстмæ ничи зыдта. Ныр йæ фæрстьт раивгъуыдта. «Зæдты бадæн» дæр æй нал æнда- 9
дæсныйадыл афтæ тагъд фæцалх, рынчынтæ йыл æууæндынц. Чизоны, хайады сæргълæууæг хи- мидæг цас фæхъуырдухæн кодта, фæлæ уæддæр сразы вазыгджын операци Абацийы бар бакæныныл. Уый йæм йæхи рагæй цæттæ кодта. Зыдта, йæхæдæг æй куынæ кæна, уæддæр ассистент уыдзæн. Уыргтæ æмæ уыдонимæ баст хуылфы низ- тæ сахуыр кæныны фæнд æм, инсти- туты ахуыр кæнгæйæ, фæзынд. Уæ- дæй фæстæмæ цы зонындзинæдтæ, фæлт’æрддзинад райста, уыдоныл æфтыдта алы операцийы размæ дæр, цыдæр ногдзинад-иу базыдта опера- цийы рæстæджы дæр. Бынтон ног- дзинад та уаед базыдта. Операци- йæ дыууæ боны фæстæ йæ, опеоа- ци кæмæн скодта, уьтцы усы гЬырт æрцагуырдта. Райдианы фæтарст, кæд рынчын фæтыхст, æмæ пала- тæйы балæууыд. Сьтлгоймаг æм йæ мидбылты бахудт. Уыцы мидбыл- худтæй Абаци, йе ’муд æоцыд. Ме- лицинон хойы афæрстытæ кодта. Æппæт бæрæггæнæнтæ дæр хорз куы уыдысты, уæд тызмæгæй сдзырдта: — Уæдæ ма мæ чи агуырдта?! — Рынчыны фырт. Далæ æрба- хизæны лæууы. Абаци атагъд кодта дуары ’рдæм. Рынчыны рис бинонтæ æмæ* хион- тæй тынгдæр чи’ æнкъары, уæлдай- лæр та стыхсынц операцийы фæстæ. Куыд рауад? Ныр фæдзæбæх уы- дзæн? Дыккаг операпи йын нал ба- хъæудзæн? Æмæ дæ нæмæй нæ ба- фæрсдзысты. Дæ цæрæнбонты цæ- уыл нæма ахъуыды кодтай, уымæй дæр. Ацы усы бинонтæн дæр æого- мæй æппæт дæр куы фæдзырдта, уæд ма сæ цьт базонын фæнды, зæгъгæ, хъуыдытæгæнгæ, дуар фе- гом кодта. Фойейы къуымы банлæт- тыл бадтысты хо æмæ æфсымæр. Чызджы, чизоны æмæ базыдтаид, бæлæ йын фырт цы базонинаг уыд. Йæ гакк йæ ^æлæ — йæ гуыбын ын йæ бикъ фæтоны, цæсгом — сойæ сæрсты хуызæн. Ахæмьт иу хатт к^ьт фенай, уæд дæр фаг у. Нал æй фе- рох кæндзынæ. Чьтзг дуаоьтрдæм здæхтæй бацт\ уайтагъд æй ауыдта æмæ, мидбыл- тыхудгæ, сыстад. Йæ къухьт дидин- джытæ. Уардитæ. Иæ бьтлтьт ахуьтрс- тимæ сæ хуьтз баиу. Æобахæссы йæм сæ. Уæд цæмæдæр гæсгæ Зирæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, Кæйдæр чызг æм дидинджытимæ кæй æр- бацæуы, уымæй йыл цыма гадзра- хатæй цæуы, афтæ йæм фæкаст. Æмæ сонтæй йæ мидбынаты фæлæу- уыд. Уæдмæ йæм хо æмæ æфсы- мæр сæхæдæг æрбахæццæ сты. Абацийæн ма цы зонын хъуыд, ар- фæ кæнынмæ кæй æрбацыдысты, уый. Сæ ныхæстæ сын хъусы, фæ- лæ цы дзуапп ратта, уый нæ зоны. Фæстагмæ: — Тыхсгæ ма кæнут, уæ мад тагъд адзæбæх уыдзæн. Мадæн аргъ нæй, æмæ йæ зындзинад уæ зæрæ- мæ афтæ арф кæй исут, уый мын æхсызгон у. — Йæ зындзинады йын мах цы æххуыс стæм, ды дæ йæ ирвæзын- гæнæг, æцæг хъæбулы лæггад ын ды бакодтай. Дæ фæрцы нын уы- дзæн сæрæгас, — йæ ныхас ын айста фырт. — Мæнæ дын ацы дидинджытæ мæнæй, — фæрæвдз хо. — Дидинджытæ сылгоймагæн фæ- дæттынц. Бузныг,'— йæхи аиуварс кодта Абаци. — Уæхимæ сæ ахæсс æмæ дзы дæ уат срæсугъд кæн. — Нæ, лæвар фæстæмæ здах- гæ нæу. Дæ номыл сты æмæ сæ дæ цардæмбалæн балæвар кæн. Дзырдтæ «дæ цардæмбал» æй уайтагъд басастой, æмæ дидинджы- тæ йæ къухы февзæрдысты — Афтæ, афтæ, мæ хæлар. Дæ куыст арфæйаг у, мах дæр дын уы- мæн арфæ кæнæм, — дзырдта æфсы- мæр. — Бæргæ нæ бон стыр исты куы уаид. Мæнæ дын мæнæй дæр лæвар цалдæр сомы — сæдæйы бæрц. Кæимæ дæ фæнды, уыдонимæ фæскуыст... — Нæ! Цытæ кæнут! — йæ ны- хас ын фескъуыдта Абаци, æмæ йæ цыма ток ныццавта, уыйау иуварс асхъиудта. Фойейы ничи уыд. Сихо- ры размæ рынчындонмæ арæх цæуæг нæ вæййы. Фæлæ уæддæр йæ алы- варс акæстытæ кодта, ничи нæ фед- та, зæгъгæ. Фырæфсæрмæй цæсгом ссыгъд, стæй йæ сурхид акалд. Хо æмæ æфсымæр хорзау нал фес- ты. Æвæццæгæн, уьтй æнхъæл ’ нæ уыдысты, æви сæм æхца чысыл каст æмæ ууыл фæкъæмдзæстыг сты. Иудзæвгар сæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал схаудта. Стæй æфсымæр афтæ: — Уæдæ дын цы хуызы раарфæ кæнæм? Нæ зонæм. Бæргæ тынг барæвдауинаг дæ, фæлæ.., 12
— Бузныг, уæ дидинджыты тых- хæй, не ’фсинæн сæ балæвар кæн- дзынæн. Фæлæ æхца нæ, æз гæр- тамисæг нæ дæн. Искæй фæллойæ мæ нæ хъæуы. Мæхи фæллой мын фаг у. Не ’хсæн ныртæккæ цы хъуырдухæн цæуы, уый худинаг у мæнæн дæр æмæ сымахæн дæр. Æз мæ хæсæй уæлдай нпцы бакуыс- тон, æмæ æгайтма операци хорз ра- уад. Уый тыххæй мын паддзахад фиды мызд. — Раст дæ, расг æмæ æрсабыр у;— дзырдта æфсымæр, — Тыхми дын, мыййаг, нæ кæнæм. Мæ мады нын мæлæты дзыхæй байстай, æмæ дын уæдæ бузныг хъуамæ ма зæ- гъæм. Цæй гæртам дын дæттæм. Сæдæ сомы æхца сты? Хосты аргъ дæр куынæ сты. Ныртæккæ уыдон дæр бонæй-бон зынаргъдæр кæнынц. Æмæ ма сын балхæнæн дæр куы уаид. Къухты сæ кæд туджы ар- гъæй ссарай, уæд хорз. — Уæ мад хосхъуаг нæ баззай- дзæн. Хостæн æхца куы хъæуа, уæд уын мæхæдæг зæгъдзынæн. — Дæ цæрæнбон бирæ, — фæ- рæвдз хо, — дæ хуызæн дохтырæн гæртам райсын дæр тæригъæд нæу. Дунейы фарн ын æй ныххатыр кæн- дзæн. Уымæн æмæ хорз дохтыр йæ фæллойы аккаг мызд никуы райсы. Уыцы ныхас æй уæд куыддæр фæсаста. Раст æм фæкаст чызджы гЬæстаг хъуыды. Раст уыд, фæлæ йын уæд йæ ныхмæ авæрдта ахæм ны- хæстæ: «Гæртам чи исы, уый дох- тыр нал у». Уыцы хъуыды йæм фæстæдæр æрцыд. Гæртæмттæ ис- гæйæ, йæ намыс йæ къæхты бын ссæнды, уый куы банкъардта, йæ «æнусон уарзон» Зирæ хæдзарæй æд сывæллон куы сыстад æмæ куы ацыд, уæд. Фæлæ бырынцъаг фæн- дагæй фæстæмæ раздæхын æнцон нæу. Адæймаджы йæ ахуырæй фæ- цух кæнынæн ныфс æмæ хъару хъæуы. Ныфс æмæ хъару та куыднæ уыд Абацимæ, фæлæ сæ иууылдæр яарæзта йæ рынчынты низтæ сафын- мæ, уыдоныл уыд йæ катай, йæ мæт. Царды хос сын хаста йæ фез- мæлд. Уыдон цур-иу æй айрох сты йæ бинонтæ. Куыст ын ссис сæйраг- дæр. Хæдзар нал зыдта æмæ бинон- тæй фæиртæст. Кæрæдзи нал æм- бæрзтой Зирæимæ. Ус райдайæны йæ мойæн тæригъæд кодта, куыстæн афтæ бирæ хъару кæй лæвæрдта, уый тыххæй. Дидинджытимæ-иу куы фæзынд, уæд дзы-иу ныббуц. Зыд- та: кæмæндæр та удыхос кæй фæци, чидæр та йæ йæ ирвæзынгæнæг кæй рахуыдта. Уый фæстæ, мæнæ бы- рынцъаг фæндагыл куы бафтыдæмæ йæ кæимæ фæндыд, уыдонимæ фын- гтыл куы фæстиат кодта, уæд æм мæсты кæнын райдыдта. Æхсæв-иу æрæгмæ куы цыд, уæд-иу ыл æн- хъæлмæ кæсынæй æмбисæхсæвтæ аивгъуыдтой. Æрбацæуы, уый-иу куы базыдта, уæд йæ маст иста, йе ’рбацыдмæ-иу хуыссæны абы- рыд. Уадз æмæ банхъæла: æнхъæл- мæ йæм нæ кастæн. Абаци зыдта йæ усы зæрдæйыуаг, йæ фыддæра- дæн ми æмæ йæм нæ мæсты кодта. Уый нæ, фæлæ ма йын-иу кæмдæр æхсызгон дæр уыд. Æмæ-иу æй хъæццулы бынæй йæ хъæбысмæ фелвæста. Уаты къуымты йæ дыу- уæрдæм рахæсс-бахæсс кодта. Сыл- гоймаг йæхи йæ лæджы хъæбысæй тыдта, рæдывта, фæлæ-иу æй йæ мой йæ риумæ нылхъывта. Фæстаг- мæ-иу сæ хъуырдухæн уарзæтты узæлдмæ, цинтæм рахызт. Уæд Зирæ бæлвырд нæма зыдта, цæлы фынгтыл кæй хардзæй бадт, æхцайы гуцъулатæ йæм кæцæй цыд, уый. Фыццаг хатт йæ дзыппы æнæн- хъæлæджы цы сæдæ сомы разынд, уыдоныл иумæ бирæ фæтæрхон код- той. Уыцы фыдбоны сæдæ сомы! Цас фæхъуырдухæн кодта семæ, уæддæр ын сæ уыцы хытъынджын йæ пиджачы дзыппы куыддæртæй ныппæрста. Æдзæсгом! Ахæм адæй- магæн æхгæд дуар нæй. Худинаг, намыс цы у, уый нæ зоны. Басæт- тæн ын нæй. Æлгъ ницæуыл кæны, æфсæрм æй нæ уромы. Уыцы æхсæв Зирæимæ иу уыд сæ фæнд: сæдæ сомы сæ хицауæн æнæ- мæнг дæтгæ сты. Рынчын хабар куыднæ базона, афтæ. Мад цы аххосджын у. Стæй йын йæ рис æгъ- гъæд нæу? Иæ низимæ тохы Абаци йæ иузæрдион æмцæдисон кæй уыд, уый фырт бæлвырдæй куы зыдта, уæд ма йæ гæртамы сæр цæмæн ба- хъуыд? Ууыл бирæ фæрахъуыды- бахъуыды кодтой ус æмæ лæг, фæ- лæ бæлвырд ницы хатдзæгмæ æр- .цыдысты. Фæстæдæр, царды уы- лæнты амæттаг йæхи куы бакодта, уæд æппæт дæр базыдта. Иутæ гæр- там дæттынц сæ фырнымдæй, ар- 13
фæ ракæныны хуызы, иннæтæ бар- æнæбары, тыхæй сæ домынц, аннæ- тæ сæхæдæг дæр исынц æмæ дæт- тынц — уый царды æцæгдзинад хо- нынц. Цас фылдæр раттай, уый бæрц сæхицæй бузныгдæр, сæрыс- тырдæр сты, æппæлæгау æй фæдзу- рынц иннæтæн. Абацийæн йæ сæдæ сомы йæ дзыппы чи ныппæрста, уый хауд фæстæгтæм. Дохтыр ын йæ мадæн операци скодта æмæ дзы кæй ницы бацагуырдта, уый йæм дис- саг фæкаст. Операцийы размæ йын æмбарæнтæ кодта, дæ бон цы у, уымæй бацархай, дæ фыдæбон дын нæ ферох кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ сæ ницæмæ æрдардта, чизо- ны, хайады сæргълæууæгимæ бæл- вырддæр ныхасгонд уыд, æмæ сын мад сæ бардзырд фехæлдта — опе- раци скæнынмæ Абацийы баца- гуырдта. Дыккаг бон фырты агурын нæ ба- хъуыд, йæхæдæг телефонæй æрба- дзырдта æмæ Абацийы æрцагуырд- та. — Хатыр, мæ фæнд кæй атардтон, уый тыххæй, — хæтæлы хъуыст йæ барджын ныхас. Гæртам чи ратты, уый, гæртам кæмæн ратты, уыдо- нимæ афтæ фæдзуры. Ай-гъай, æл- хæд ын вæййы æмæ-... Æлхæд, кæд- дæр уацайрæгты куыд æлхæдтой, афтæ. Абаци рафыхт: — Хатыр нæ, фæлæ... æнаккаг! Рацу-ма, æмæ дын дæ капеччытæй æз дæ хæмхудтæ фæнæмон! — Мæсты ма кæн, дохтырæн мæс- ты кæнын не ’мбæлы, æнæуый дæр уæ куыст хъиамæттаджы куыст у. Нуæртты мур дыл нал баззайдзæн. Дæхиуыл кæд нæ хъуыды кæныс, уæд дæ рынчынты мæт уæддæр ба- кæн. Уыдон дын цас бауыдзысты, уый куы зонис! Мæ мад дæ куыд бузныг у, уыдон дæр дæ афтæ бæр- зонд куы æвæрой, уæд зæронды бонты зæдты номхыгъдмæ хаст æр- цæудзынæ. Ныридæгæн дын рын- чынтæ табу кæнын райдыдтой. Уæ хайады сæргълæууæджы кад дæ цуры дæлæмæ хауы, æмæ йæ маст фыцы. Дæхи дзы хъахъхъæн. Уыцы æхцайы кой макæмæн скæн, хабар æм бахæццæ кæндзысты. Æниу цæй æхца сты. Капеччытæ. Афтæ ’нхъæ- лыс, мæ фæллойæ сæ систон? Мæн- мæ æнцад бадгæйæ цæуынц, адæм сæ хæссынц. Фылдæр дын дзы фæ- хай кæнын уыд мæ фæнд, фæлæ дæ нæ зыдтон, æмæ фæлварæны тых* хæй сæдæ фæхнцæн кодтон. Кæд дæ дзыппы нæ лæууынц, кæимæ сæ ба- хæрай, уый нæй, уæд сæ бырондо- ны ныппар æмæ сæ ферох кæн. Хæрзбон! Абаци ма йæ ныхмæ фæлæууын бæргæ хъавыд, фæлæ йын фадат нал радта — ныхас фескъуыдта æмæ телефоны хæтæл йæ къухы ауыгъдæй аззад. Уый фæстæ... Рынчынты ’хсæн ни- цы сусæг кæны. Кæрæдзи тыхст æн- къарынц, æмæ дзы алчи дæр цы зоны, уый иннæмæн амоны. Сæ сæй- раг ныхас та у низтыл. Дохтыртæй чи цæмæ арæхсы, сæ удыхъæды ми- ниуджытæ, сæ зæрдæйыуаг æмæ æндæр хабæрттæ, хъус-хъусæй цæ- уынц рынчынтæй иннæтæм. Æвæц- цæгæн, нæ басусæг сты уыцы гæл- дæрджын лæппу-лæджы сæдæ со- мы дæр. Раппæлыны охыл сæ цас рахуыдта, Абацийæн (Зæлвырд у иу хъуыддаг, сæдæ сомæй къаддæр йæ дзыппы никуы разынд. Лæвæрдтой йын, чи куыд арæхст, афтæ. Абаци та сыгъд дывыдон арты. Ма райса, æмæ-иу æй уайдзæфты бын фæкод-, той, ма нæ æфхæр, æнæ кардæй нæ ма аргæвд, зæгъгæ. Æмæ цынæ зæр- дæсæттæн ныхас нæ фехъуыста йæ рынчынты хионтæй, рынчынтæн сæ- хицæй. Сæ уарзондæр дзырдбаст та уыд: «Кæимæ дæ фæнды, уыдони- мæ иу изæр дæ фæллад суадз». Æн- дæр гæнæн цы уыд. Зирæмæ сæ лæ- вæрдтаид? Кæм уыдысты, уымæй йæ нæ бафарстаид? Цы дзуапп ын радтаид? Йæ цæсгом бынтон мый- йаг нæ бахордта. Æмæ йæм æвæл- монæй цы фæллой хауд, уыдон пап- лой кодта. «Кæимæ йæ фæндыд, уыдонимæ». Лæвархортæ, къахбай сылгоймæгтæ — бирæ. Цом æрдзы хъæбысмæ, фæйнæ бануазæм, сын зæгъ, æмæ цæттæ сты. Нæ дæ ба- фæрсдзысты: «Цы нуазæм?» «Цы хæрæм?» Æмæ та æнцойбон фæс- куыст уæззау операцийы фæстæ ацы æвæджиау сабыр ран балæуу. Æцæ- гæлон адæймаджы къах æм нæ’ хæццæ кæны. Кæд стур хизгæ ардæм æрбарæдийы, æндæр дзы никæй фендзынæ. Хуыздæр дæ фæллад кæм суадзай, ахæм бынат нæй. Æмæ дзы, кувæндонау, йæ тæри- гъæдтæ цал хатты суагъта! Иæ ды- зæрдыг хъуыдытæ, йае дывæрццаг зæрдæйы ахаст дзы цал хатты рар- 14
Гом кодта! йæхицæн, йæ зонгæтæн. Куы — къуымæлдзæфæй, куы — мæстæлгъæдæй. Фæлæ йын йæ раст ныхас æцæг хуызы ничи айста, хъа- зынмæ-иу æй аздæхтой. Диссаг сты, адæм, раст ныхас сæ нæ уырны. Фæлтау мæнгард, фæлывд ныхæстæ æцæгмæ айсдзысты. Абаци бæргæ æнкъардта, кæд- дæры раст адæймаг кæй нал у. Цы- дæр тых æй адæммæ комкоммæ кæ- сын нал уагъта, йæ зонгæтæн сæ аипп æргом нал дзырдта. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ-иу æнтыснæг, зæр- дæсæттæн хъуыдыты амæттаг ба- ци. Раздæрау ын йæ куыст æхсыз- гондзинад нал хаста, фæлмæцын дзы райдыдта. Йæ тырнындзинад цыдæр фæци. Йæ ныфс... «Нæ! Мæ ныфсы аххос нæу» — фесхъиудта Абаци æмæ та йæ хъуыдыты адзæ- гъæл: ...Тыхст рынчынæн йæ ус дæр йе- мæ уыд. Æхсæвæй-бонæй йæ уæл- хъусæй нæ цыд. Æнæхуыссæг æх- сæвтæ æмæ фыдтухæнтæй йæ цæс- тытæ мидæмæ бахаудтой, цæсты бынтæ ссау сты. Рынчын уæлæмæ дæр не стад, хойраг йæ дзыхмæ нæ иста. Хосты фæрцы ма царди. Аба- ци-иу æрвылрайсом йæ куыст уы- мæй райдыдта. Цæттæ йæ кодта опе- рацимæ. Операци та хуымæтæджы операци нæ уыд. Иунæг уырг ын баззад, уый дæр йæ куыстæй ныл- лæууыд. Цы у аххоссаг. Ницы бæ- рæг æфсон ары. Рентгены хуымæ- тæг уыргæй егъаудæр зыны. Ай- ай, дыууæ уырджы бæсты фæ- куыста æмæ фестырдæр. Уый аф- тæ вæййы. Дур дзы уа, æмæ йæ рентгенæн не ’вдисы. Операци йын æнæкæнгæ нæй. Ус æмæ хионты лæгъстæ цæстæнгасмæ кæсын нал фæразы. Дæ фыдæбон дын нæ фе- рох кæндзыстæм, зæгъгæ, балхынцъ кæнынц сæ ныхас. «Бæргæ, бæргæ, уе ’хца мæ нæ хъæуы, æрмæст ын операци куы феххуыс уаид, фæлæ низы хатт бæлвырд нæ зонын», — фæзæгъы йæхимидæг æмæ та опе- рацийы бон фæфæстæдæр кæны: кæд йæ рынчыны уавæрæй ног ис- ты базонид. Нæ, йæ ныфс нæ асаст Абаци- йæн. Ахæм æмбæхст низæн опера- ци бирæтæ не скодтаиккой, сæхимæ бæрндзинад нæ райстаиккой. Аба- ци дæр ыл бæргæ фæфæсмон кодта, фæлæ йæм уæддæр йæ ныфс нæ ба- хаста. Йæ бон цы уыд, уый сæххæст кодта. Æмæ цы баци йæ бон, цы сæххæст кодта? Мæгуыр, низæф- хæрд лæджы галау аргæвста, йæ хуылфыдзаумæттæ йын скалдта, фæракæс-бакæс сæм кодта æмæ сæ фæстæмæ ныккалдта. Ныккалдта сæ, куыд уыдысты, афтæмæй. Æндæр йæ бон ницы сси. Уырг рæсыдæй фенгæйæ, йæ уæнгтæ æрызгъæлдыс- ты, йæ алыг кæнын йæ ныфс нæ ба- хаста. Сæры къæрцц хъазæн нæу! Иу уырг иу зæрдæйæ уæлдай нæу. Сæ иу кæнæ иннæ йæ куыстæй ныл- лæууыд, зæгъгæ, уæд лæджы цард фæци. Ахæм уавæры «кæд фæрæст- мæ уаид»-æн бынат нæй. Æр- мæстдæр фæрæстмæ уыдзæн. Уы- мæй дæр — фвдаР æууæнк. Дох- тыр лæгмар нæу. Операцигæнæнæй куы рацыд, уæд æм рынчыны ус æрбауад. Йæ цæс- тæнгасæй йæ фарста... Фарста йæ: йæ цардæмбал, йæ цоты фыд цæр- дзæн? Цы дзуапп ын хъуамæ ратта- нд. Раздæр ыл куы ахъуыды кодта- ид, уæд псты зæрдæлæууæн ныхас ссардтаид. Ныр, цавддурау, йæ ра- зы хъенæй лæууы. Усы цæсгом афæ- лурс, стæй ныхыл хиды æртæхтæ фегуырдысты. Фæцæйхаудта, æмæ ма йæ тыххæйты ацахста. «Тыхсгæ ма кæн, дзæбæх у, йæ низ сæргой (Ьæци!» — сирвæзт йæ дзыхæй. «Йæ низ сæргой фæци». Ацы дзырдтæ йæ дзыхæй куыд схаудтой, уый йæхæ- дæг дæр нæ бафиппайдта. Афтæ дзураг уыд алы операцийы фæстæ дæр. Иæ ахуыр æй йæ тыхст уавæ- рæй фервæзын кодта. Ус дæр йе ’муд æрцыд, хиуæттæ йæ алыварс амбырд сты. Уæдмæ сын сæ рынчы- ны дæр раластой, æмæ йыл бацин кодтой. Фæлæ дзы иу дæр афтæ нæ бафарста: ахæм вазыгджын опера- ци куыд цыбыр рæстæгмæ ахицæн, цы уыд йæ низыхатт. Уыцы фарсты- тæ фæстæдæр уыдзысты. Се ’муд куы ’рцæуой, уæд. Бирæ æнхъæлмæ кæсын æй нæ бахъуыд. Æнхъæлмæ бæргæ никæмæ каст. Тъахтиныл, фæллад хъæд- дзауау, ныххауд æмæ рохст зæрдæ- йæ рудзынгæй кæдæмдæр нымдзаст. Дуары хъинцмæ фесхъиудта. — Хатыр бакæн, фæлладæй дæр дын æнцой нæ дæттæм, — дзырдта æрбацæуæг, — ныллæджытæ, бæ- зæрхыг нæлгоймаг. Абаци базыдта рынчыны æфсымæры. Æмæ уай- 15
тагъд йæ сæры февзæрд: «Ныртæк- кæ мæ бæлвырд хабæрттæй фæрс- дзæн». — Бæлвырд дын мæ бон ницы у зæгъын, — йæхæдæг фæраздæр, — ныртæккæ мæ не ’вдæлы, кæдæмдæр мæ рынчынмæ бауайын хъæуы. — Нæ, нæ. Нæ дæ уромын. Буз- ныг дæ арфæйаг лæггадæй. Мæнæ адон дæр демæ айс, — æхцайы тых- тон æрбадаргъ. кодта. — Изæры, фæскуыст... Дарддæр Абаци ницыуал фехъуыс- та. Йæ сæры цыма цыдæр нуар ас- къуыд, уыйау æй судзгæ рис сон- тæй фелхыскъ кодта, цæстытæ ата- рытæ сты æмæ бандоныл æрхауд. Уазæг хорзау нал фæци, дохтыр- тæм фæдисы ауад. Цалынмæ фæди- сæттæ цыдысты, уæдмæ йын фен- цондæр. «Нæ! Никæй æххуыс мæ хъæуы, никæй уынын мæ фæнды. Тагъддæр æрдзы хъæбысмæ!» Йæ халат феппæрста æмæ уайтагъд феддæдуар. «Абаци Берды фырт, Абаци Берды фырт», — йæ фæстæ ма айхъуыста, операци цы дохты- римæ кодта, уый хъæлæс, фæлæ йæм фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Иæ «Жи- гули»-йы абадт æмæ комы балæу- уыд. Иæ мидхъуырдухæнтæ йæ хуы- дуг кодтой. Адæймагæн царды йæ сæйрагдæр нысан адæймаг суæвын куы у, уæд æй æндæрæрдæм цы тыхтæ арда- уынц? Æви цард йæхæдæг чъизи æмæ адæймаджы халæг у, йæ уды- хъæды хорздзинæдтæ йын дымгæмæ дары, æууæрды йæ, мыдул æй кæ- ны. Коммæгæс хæйрæджы лæппын дзы фестын кæны. Æмæ уæд цæмæн хъæуы Абацийы ахæм цард? Йæ зæрдæ йæхиуыл куы худа, йæхи дзы лæмæгъ куы ’нкъара? Ницæ- мæн! Æви йæ иунæг чызджы сæрап- понд? Æмæ сæ ныр уал азы «Йе ’нусон уарзон» Зирæимæ уынгæ дæр куыникуы фæкодта. Рынчынтæй, цæлы фынгтæй йæ уыдонмæ никуы равдæлд. Уыдон та Зирæйы сæрыс- тырдзинад нæ уагъта Абацийы фе- нынмæ. Ахæм дзырдæй алыгъд йæ бинойнаг йæ хæдзарæй. Ахæм карз тæрхон ын рахаста, æмæ йын уый дæр быхста. «Быхста». Нæлгойма- гау никуы ахъуыды кодта йæ фи- дæныл. Æфсон ын фæци, æмæ фыд- дæрадæнæн йе ’нкъарæнтыл къæй ныффæлдæхта, нал æм хъардтой мад, фыды уайдзæфтæ, æфсымæр, хоты лæгъстæтæ, зонгæты ныхæстæ. Цæмæн хъæуы ахæм цард Абаци- йы? Иæ рынчынты сæраппонд? Уы- дон æнæниздзинадæн? Раст цы у, уый æргом зæгъын хъæуы. Рынчын- ты тыххæй ницы æвгъау кодта. Нæ дæр йæ зонд, нæ дæр йæ рæстæг. Æмæ уæлахиз кодта низыл, мæлæ- тыл. Абон фыццаг хатт састы бына- ты ис. Абон фыццаг хатт рынчыны низ къаддæр нæ, фæлæ фылдæр фæ- кодта. Абацийы цæстытыл ауадыс- ты рынчыны усы дондзаст къуырф цæстытæ, къæсæрыл, æргъæвст цъиу- тау, цы æртæ сывæллоны бакъорд сты, уыдон. Сæ дарæджы ирвæзын- гæнæг æнхъæл æм, аргъуцгæнгæ, ныккастысты. «Фæсайдтон уæ, фæ- сайдтон! Мæ зонд, мæ арæхстдзинад мын- не сфаг... Мæ ныфс... Ныфсы ныууадз, Абаци! Цард æмæ мæлæт быцæу кæм фæкæнынц, уым стыр ныхасæн, уæлиау гæрæхтæн хорз фæстиуæг нæ вæййы. Нæ вæййы? Гъемæ састы бынаты бад! — фæрæ- хуыста та йæ æндæр хъуыды. — Дæ зæрдæ ма дæ ныфс, дæ хъару- йыл лæууыд, ныр уыцы цæджындз- тæй дæр фæцудыдтой... Æмæ ма цæмæн хъæуы ахæм цард Абацийы? Г^ертамхæссæджы ном хæссынæн? Ацы машинæ дæр уыдонæй — гæр- тæмттæй æлхæд у, æндæр дохтыры мызды капеччытæй, ахæм гæрæхтæ кæй бон у, — ныууынæргъыдта Аба- ци, арæзнæ тымбыл къухæй æрри- уыгъта, газыл мæсты хæст акодта, æмæ машинæ размæ, цæф сырдау, алиуырдта. Цæсты фæныкъуылдмæ къардиуы тигъмæ бахæццæ. Цæл- хыты æхситт ма айхъуыста, стæй дуары рудзынгæй арвы цъæх ауыд- та, æмæ иуварс куы фæцудыдта, уæд бамбæрста, къардиуæй кæй фæ- тæхы, йæ адзалы фæндагыл кæй фæцæуы. II Абаци йæхи æрæмбæрста рын- чындоны. Сау рыст ын йæ зæрдæйы уидæгтæ скъуыдта. Сæры æгуыппæг- дзинад ныббат. Уæнгтæ — къодæх- тæ, сынтæгмæ сæ ныббастæуыд. Цæстыты уæлтъыфылтыл тыххæйты гæзæмæ схæцыд: æхсыргъуыз ми- гъæй дарддæр ницы суыдта. Дард кæцæйдæр кæйдæр фæсус хъæлæс хъуысы, ныхæстæ нæ ахсы. «Цымæ чи у? Кæм дæн? Цы мæ ныббаста?» 16
— февзæрд йæ сæры. Æнæфезмæл- гæйæ, йæ фадат цас уыд, уый бæрц фæйнæрдæм афæлгæсыд. Æппындæр ницы уыны, ницы, ницы... Дыккаг хатт йе ’муд куы ’рцыд, уæд урс мигъ фæкъаддæр. Фæлмæй йæм кæйдæр æндæрг зыны. Æндæрг базмæлыд. Сыстад. Æввахсæй-æв- вахсдæр æм кæны. Æргуыбыр æм кодта. Зонгæ цæсгом, уарзон цæс- тытæ. «Зирæ!» — сдзурынмæ хъа- ’выд, фæлæ йæ бон йæ дзых схæлиу кæнын не сси. Иæ буар иууылдæр уыд æндзыг. Иæ зæрдæ ауынгæг, цæетытæ донæй айдзаг сты, уæл- тъыфæлттæй сæ сабыр æрæхгæдта, æмæ ставд цæссыгтæ къæмисæнтыл æртылдысты. Зирæйы мидхæкъуырцц куыд йæ хъустæ гæзæмæ ацахстой. Æгуыппæгдзинад æй чысыл фе- уæгъд кодта, æмæ æппæт дæр бам- бæрста, къардиуæй кæй ахауд, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд. Фæлæ Зирæ та ам цы кусы? Иæ зын са- хаты йæ уæлхъус кæцæй февзæрд? О, ме ’нусон уарзон, гадзрахатæй дыл рацыдтæн, гадзрахатæй! Уал азы дæ никуы бацагуырдтон, дæ раст ныхас мын никуы басаста мæ фыд-зонд. Мæхи аххосæй мæ хъæ- булæй дæр фæиппæрд дæн. Уал азы мæ цинæй уыдтæ æнæхай, ныр мæ мастæй — мæстджын, мæ рыстæй — рыст. Хæкъуырццæй мыл кæуыс, дзыназыс. Ку, дзыназ. Æцæг мæныл нæ! Нæ уарзондзинадыл. Æз уыцы куыды аккаг нæ дæн. Афтæ мын хъæуы. Уал азы иумæ нæ цардыс- тæм, кæрæдзи нæ уыдтам, фæлæ дын æз зыдтон де ’ппæт хабæрттæ дæр. Цæмæн? Уымæн æмæ тарстæн, чындзы куы ацæуай. Мæ зæрдæ атыдтаид, мæ дуне мыл баталынг уыдаид, мæ ныфс мын æцæг уæд асастаид. Ды абонау æдзухдæр мæ зын сахат мæ уæлхъус уыдтæ. Куы зонис, æхсæв-иу мæ уаты иунæгæй куы аззадтæн, уæд демæ цы фæлмæн ныхасы уагæй, цы рæвдаугæ хъæ- лæсæй дзырдтон. Мæ цæссыг-иу мæ базмæ фемæхст. Мæхи-иу басастон, мæхицæн-иу загътон: «Райсом æм цæуын, мæ хъæбысы йæ сисдзынæн, кæддæр-иу æй хуыссæгхъæлдзæгæй йæхи атонын куыд нал ауагътон, афтæ та йæ мæхимæ нылхъивдзы- нæн, зæрдæйы цæф та йæм фе- хъуысдзæн. Кæддæрау та мæ фæдыл рацæудзæн æмæ йын лæггад кæны- нæй нал æфсæддзынæн». Фæлæ та- 2. Журн. «Фидиуæг» №12. йу райсомæй куыстыл фæдæн, рый- чынтæй мæ мæхимæ не ’вдæлд... — Аба, нæ мæ хъусыс, ракæс-ма мæм. Æз Зирæ дæн. Баба æмæ Дзыцца дæр дæлæ кæрты сты, — йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Зи- рæйы кæуын хъæлæс. «Ды Зирæ бæргæ дæ, фæлæ æз чи дæн, уый мæхæдæг дæр куынæ- уал зонын. Ды дæр мæ куы никуы базыдтаис, уæд амондджындæр уа- ис. Нæ, нæ. Мæ бон дæм ракæсын нæу». Сылгоймаг зæрдæйæ банкъардта йæ лæджы мидхъуырдухæн æмæ йæм æввахсдæр æргуыбыр кодта. Æрдæ- бонсарæй фындзы рагъæй, джынас- суйы æртахау, цы цæссыджы цæп- пузыр æрттывта, уый фæцудыдта æмæ Абацийы русыл сæмбæлд. Тæвд цæссыг æвиппайды цæсгомы царм ахъыдзы кодта, æмæ лæгæн æнæн- хъæлæджы йæ цæстытæ фегом сты. Сæ тæккæ бакомкоммæ, кæсынæй кæмæ нæ бафсæст, уыцы дыууæ цæсты. Йæ цæсгомыл фыццаг бан- къардта Зирæйы комытæф, стæй йæ былты хъарм. Æмæ та йæ сæр, куыройы фыдау, разылд, цæс- тытæ атарытæ сты. Сылгоймаг, йæ лæджы цæсгом æд- дæг-мидæг ауад, уый куы бафип- пайдта, уæд фергъуыйау. Иæ улæфт- мæ йын байхъуыста, йæ туджы цæф ын асгæрста æмæ фæсабырдæр. Иæ бандоныл æрбадт, нымдзаст йæ мойы рæсыд, бинтæй тыхтытæ, туг- æрхæмттæ æмæ æнæхъару буармæ. Ставд хъæды лыггаг урс хъуымацы уаццæгтæй куы сбæстытæ кæнай, уыйау. Зирæйæн йæ зæрдæ æрба- уынгæг, æмæ та йæ цæссыг фемæхст. * * * Зæгъынц, фыццаг фендæй тынг- дæр, дам, зæрдыл ницы лæууы. Раст у. Зирæ дæр сæ фыццаг фембæлдæй арæхдæр цау ницы æрымысы. Куырттаты ком. Ам рæсугъд фæз ран, æрæнцад йæ райгуырæн хъæу. Ам бахъомыл æрдзы хъæбысы. Хорз ын базыдта йæ аивдзинад. Æрвыл- бон дæр дзы цыдæр ногдзинад ба- фиппайдзынæ, дæ цæст цæуылдæр æрхæцдзæн. Хъæубæстæ та — уыцы- иу адæм, уыцы — иухуызон. Иууыл- дæр зонгæтæ, стырæй-чысылæй, зæ- рондæй-ногæй. Стæй-ма хæстæджы- тæ дæр. Æвæццæгæн, уайтагъд уы- 17
мæн бафиппайдта се ’рвадæлты уа- зæг æрыгон лæппуйы дæр. Зирæ ма уæд дæсæм къласы ахуыр кодта, хæххон сæгуытау, сæрибардзинад æмæ æрдзон рæсугъддзинад йед- дæмæ ницы æнкъардта. Уазæгыл дæр йæ цæст æрæвæрдта, æнæзонгæ кæй уыд, йæ цæсгом хохаг дымгæ- йæ хост кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Зирæйы æрвадæлты лæппу Бобо- симæ Ногбон æхсæвы хæдразмæ горæтæй æрбахæццæ сты. «Ногбон æхсæв алчи йæ хæдзары бæрæг кæ- ны, уый та ам æрбалæу^ыд. Искæй хæдзармæ цæуын дæр нæ фæччы. Бинонты стыхсын кодта. Уазæгæн æгъдæуттæ хъæуы, — йæхимидæг загъдгæнгæ, цыд йе ’рвадæлтæм, «рацу-ма æмæ нæм истæмæ фæкæс», зæгъгæ, йæм куы æрбарвыстой, уæд. Фæстæдæр куыд базыдта, афтæ- мæй ма сын ноджы æмбæлттæ дæр уыдзæн. Æмæ рæвдз февнæлдтой æфсинтæ. Бобо æмæ уазæг сæ зæр- дæйы дзæбæхæн тезгъо кодтой фæс- хъæд, донбылты, Зирæйæн бæгъæм- вадæй йæ къæхты бынтæ уæзæгтæ кæм сæвæрынц, уыцы бынæттыл фæлгæсыдысты. Тыргъæй кæсгæйæ, зынд, Бобос ын къухæй цыдæртæ кæй амоны. Æмбисæхсæвмæ хæс’тæг фынгтæ уыдысты цæттæ. Уазджытæ æмæ фысымтæ æрбамбырд сты. Хъæл- дзæг ныхас æмæ музыкæ кæрæдзи ивтой. Зирæйы сæ цурæй йæ къах нал хаста. Уазæг сылгоймæгты хæрз- конд æмæ рæсугъддзинадмæ кæсы- нæй не ’фсæст. Бобосы æмкусджы- тæ, дам, сты. Дохтыртæ. Æдылы. Хъæдцицц, йæхи фæстæ кæйдæр цæстытæ рацу-бацу кæнын хæп райдыдтой, Абаци йæ цæстæн- гасæй кæй агуры, уый йæ фæсон- æрхæджы дæр нæ уыд. Хъæууон, æнæхин, цымыдис æмæ æргом кæй уыд, æцæг æфсины митæ кæй код- та, уый тыххæй йыл æрхæцыд лæп- пуйы цæстæнгас. Хорз æм каст йæ фезмæлд, йæ акъахдзæф, былты æвæрд, бæзджын æрфгуытæ, йæ цæс- тыты æрттывд, йæ гæзæмæ мидбыл- худт, йæ дæндæгты равæрд. Сывæл- лоныл куыд цин кæнай, афтæ йыл узæлыд цæстæнгасæй, фæлæ чызг уыдæттæ нæ хатыд. Æрхæццæ фынгтыл æрбадыны рæстæг. Зирæйæн ныр сæхимæ цæу- гæ у. Скъоладзауы хистæртимæ ни- цы хъуыддаг ис. Уæлдайдæр—уаз- джыты фынгыл. Абаци уый куы бамбæрста, уæд цæхгæр афтæ: — Нæ, мах æлдæрттæ не стæм. Фынгтæ нын чи сцæттæ кодта, уы- дон дæр хъуамæ нæ фарсмæ æрба- дой. — Æмæ ма йæ ныхасыл баф- тыдта: хатыр бакæнут, уазæгæн къæйных уæвын не ’мбæлы. Фæлæ ахсæв афæдзы сæр у. Дунейæн иу- мæйаг бæрæгбон æмæ мæ фæнд у: мах дæр æй иумæ куы сбæрæг кæ- никкам. Зирæ ныфсæрмытæ: — Æмæ дзыцца загъд кæндзæн. Иууылдæр ныххудтысты. Абаци йæ уæлхъус алæууыд. — Дæ ном куыд хуыйны? Зирæ йæм уæлæмæ скаст, йæ цæс- тæнгас ын ацахста, æмæ йæхи цæс- тытæ донæй айдзаг сты. Тыхамæлт- тæй ма сфæрæзта: — Зирæ. — Зирæ, мæлæн та—Абаци. Кæ- цы къласы ахуыр кæныс? — Дæсæмты. — Дæсæмтæ æз каст фæдæн авд азы размæ. Уæдæ не ’хсæн ис авд азы. Бирæ не сты. Мæнæ студент куы суай, уæд та дæм ноджы къад- дæр кæсдзысты. — Гъей, лæппу, мæ хойы мын къуымы цы бакодтай, æнæхъæн лекци йын куы бакастæ, — хъазæ- гау бакодта Бобос, — Зирæ, ныр- тæккæ æз дæ дзыццайæн зæгъдзы- нæн. Исты æцæгæлон хæдзары куы нæ дæ. Мæнæ Мæдийы дæр дæ фарс- мæ сбадын кæн. Уый та æстæмтæм куы цæуы. Мæ уд нывонд уыцы æхсæвæн. Дыууадæс сахатмæ фæбадтыстæм фынгыл хъæлдзæгæй. Ног азы æр- цыды тыххæй скуывтой, стæй æддæ- мæ рацыдыстæм. Арвы къуырф, æнæбын цадау, цъæх-цъæхид дардта. Стъалытæ йыл баргъæвстысты. Мæй хæхты митæм- бæрзт фæхстыл рæдауæй луæрста йæ тынтæ. Уазджыты мидæмæ сæ къах нал хаста. Тыргъæй фæлгæсы- дысты сæ алыварс. — Мæнмæ ис иу фæнд, — зæгъы Бобосы хо Мæди, — Цом æмæ уа- лæ фахсыл дзоныгъæй бырæм. — Тынг хорз фæндон, — йæ ны- хас ын ацахста Абаци. — Ног азæн дæр уым скуывдзыс- тæм, уым ын æгас цу зæгъдзыс- тæм! — бафтыдта Бобос. — Цæй, куыд зæгъут, чызджытæ? 18
— Мах разы бæргæ стæм, фæлæ иуæй хæдзары хистæртæй худинаг у, иннæмæй нæ дзаумæтты конд дзоныгъыл бырыны аккаг нæу, — йæхи бакъултæ кодта уазæг чыз- джытæй сæ иу. — Хистæртæ йæ зонгæ дæр нæ бакæндзысты. Уыдон ныртæккæ сæ тарф фынæйыл сты, — загъта Бо- бос, — Райсом цалынмæ сыстой, уæдмæ мах нæ хуыссæнты хуысдзы- стæм. Уæлæдарæс уын ныртæккæ æз фендзынæн. Зирæ æмæ Мæди, сы- мах та— дзоныгътæ. Æцæг, æнæ- хъæлæбайæ, хистæрты ма райхъал кæнут. Иуцъус рæстæджы фæстæ зæронд къахыдарæсы, кусæн хæлæфты, худ- ты, телегрейкæты, кæрцыты æд дзоныгътæ чызгæй, лæппуйæ уыдыс- ты хохы фахсыл. Мæй хъазыд миты салд уæлцъарыл. Бобос шампайнаг сæны авг фæсвæд миты хъæпæнмæ ныззыгъгъуытт кодта æмæ афтæ: — Боныцъæхтыл æй бацагур- дзыстæм, кæд ма ныггуыпп кæна, уæд ком райхъал кæндзыстæм. Æр- тæ агуывзæйы та — мæ кæрцы дзыппы. Алкæмæ дзоныгъ кæцæй æрхауд- та æмæ фæкъæйттæ сты. Абаци æмæ Зирæ фахсмæ дæр иумæ ссыдыс- ты. Дзоныгъ-иу иуварс кæй ахас- та, уыдон-иу фæфæлдæхтысты æмæ далæ, æхцон цъæхахстгæнгæ, фæ- тулынц. Иннæтæ сыл-иу сæхи ху- дынæй схастой. Куыд тæвд кодтой, афтæ сæ хъарм дзаумæттæ ластой. Абаци Зирæйы, сывæллонау, дзо- ныгъæй рахизын дæр нæ уагъта. Хæрды дæр æй ласгæ кодта. Зирæ- иу барæй дзоныгъæй асхъиудта. Кæс, æмæ гæды рувасау, миты ра- гъыл ^Ьæтулы. Æмæ та-иу комы ныццарыдта Абацийы хъæлæсыдзаг худт. Бынтон хъæлдзæг худт та сыл ба- фтыд боныцъæхты, шампайнаг сæны авг агургæйæ. Нал æмæ йæ нал ард- той. Стæй уæд кæрæдзи сайын рай- дыдтой, мæнæ ис, зæгъгæ. Æмæ та- иу хъæргæнæджы ’рдæм агуылф кодтой. Æвæццæгæн, сæ æнæзонгæ куы федтаид, уæд сæ ногбоны хæй- рæджытæ фæхуыдтаид, дыууæрдæм афтæ æбæрæг разгъор-базгъор код- той. Сæ худт æмæ хъæрæй ком нæ- рыд. Бобос æй йæхæдæг ссардта. Лæп- путæ дзы ногбоны æрцыды тыххæй фæйнæ банызтой æмæ ратагъд код- той хъæуы ’рдæм. Цалынмæ хæдза- ры хистæртæ нæ райхъал сты, уæдма куыд ныххæццæуой. Фæндагыл æ\ Абаци афарста, куыд ахуыр кæны дарддæр ахуыр кæнынмæ кæдæм цæуы, цавæр чингуытæ кæсы, про- зæйæ поэзийæ кæцы фылдæр уарзы. æмæ æндæр ахæмтæй. Йæ зæрдæ йæ^ куыд дзырдта, куыд хъуыды кодта. ахæм дзуаппытæ лæвæрдта. Нæ йын басусæг кодта йæ бæллиц дæр, ах- уыргæнæг суæвын æй кæй фæнды уый. Иæ фыццаг ныхасæй йæ цы- ма зæрдæйæ банкъардта, уыиау ыь цыдæр æхцон фæци, æви сæ æрва- дæлты уазæг кæй уыд, уый тыххæй æргом ныхас кодта йемæ. Хъæумæ цæугæйæ, æппæты фæс- те аззадысты. Хæдзармæ куы фæ- цæйхæццæ кодтой, уæд Абаци йэе ныхасы уаг фæивта æмæ хъæдды- хæй сдзырдта: — Хъусыс, æз дæм горæты æн- хъæлмæ кæсдзынæн. Ахуырмæ æн- дæр ранмæ ма сфæнд кæн, кæм дæ агурдзынæн? — Нæ, æрмæстдæр ахуыргæнæг биологийы ахуыргæнæг, — æнæхин дзуапп ын радта, цæмæ йæм æн- хъæлмæ кæсдзæн, цæмæн æй хъуа- мæ агура, ууыл нæ ахъуыды кæн- гæйæ. Ууыл фæхицæн сты. Зирæ фæлла- дæй хъæццулы бын куы абырыд уæд уайтагъд афынæй. Бонрæфть] æвиппайды фехъал. Йæ уæлæдарæс акодта, йæхиуыл дон скалдта, æмæ йæ цыма дысон се ’рвадæлтæм цы- дæр зынаргъ дзаума ферох, уыйау сæм асæпп ласта. Кæрты Бобосы фыд цыдæртæ архайдта. Цыдæр хуызы дзы фефсæрмы æмæ йæ æф- соны фарст акодта: — Мæди хæдзары ис? — Ног азы хорзæх дæ уæд, мæ чызг, ног азы, уæлдæр ахуырыл дæ бафтауæд... Мæди нырма йæ тарф фынæйыл у. — Уæ уазджытæ дæр? — Уыдон афонмæ горæтмæ фæ- хæццæ кæнынц. Æнхъæл дæн, ды- сон æппындæр нæ бафынæй кодтой æмæ фыццаг автобусыл афардæг сты. Зирæ фæсæццæ æмæ сагъдауæ? аззад. — Цыма дæ цъиу атахт, уый лæуд цы кæныс, мæ чызг, мидæмæ рацу. 19
— Нæ, нæхимæ цæуын, — загъ- та æмæ фæцæуæг. Иæ зæрдæ цыдæр æбæрæг рыст скодта æмæ йыл цæу- гæ-цæуын фæхæцыд, стæй хохы фахсмæ скаст: дысон фынтæ уыдта, æви, кæуыл ахъуыды кодта, уыдон æцæг хабæрттæ уыдысты. Фахсыл, митыл сæ быгъдулæджы фæдтæ куы ауыдта, уæд ын фенцондæр. Абаци йæ ныхас нæ фæсайдта. Августы фыццаг фæлварæнæй куы рацыд, уæд æй æнхъæлмæ кæсгæ раййæфта. Афтæ алы фæлварæны фæстæ дæр..Уырдыгæй та — автос- танцмæ. Хохы йæм æнхъæлмæ кас- тысты йæ ныййарджытæ, æнæхъæн хъæубæстæ. Мæдиитæ-иу йæ размæ разгъордтой, цы райста, уый -иу ба- зыдтой, стæй — фæстæмæ хъæумæ, хæрзæггурæггаг. Университеты ахуыр кæнын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ нал фæ- хицæн сты. ,Æвæццæгæн сын фадат куы уыдаид, уæд алыбон дæр æм- бæлдаиккой. Фæлæ дзы алкæмæн дæр йæхи хæстæ уыд. Зирæ йæхи бæрнонæй æнкъардта йæ фидæны дæсныйады раз æмæтырнырдта фыл- дæр базонынмæ, йæхимæ йæ ласта библиотекæ. Абаци йæ никуы ба- хъыгдардта йæ ахуырц. Кинотеатр-* тæм, театрмæ та йæ фылдæр хатт хуыдта, æмдзæрæны иу уаты кæи- мæ цард, уыцы чызджытимæ. Уæл- дайдæр фыццаг курсы. Цымæ сæм искуы афтидæй æрбацыд! Чызджы- тæ-иу, стæй Зирæ йæхæдæг дæр сæфсæрмы сты. Уый бафиппайгæ- йæ-иу хъазæн ныхæстыл фæци: «Тыхсгæ ма кæнут, рæсугъдтæ, сы- мах стипенди исут, æз та — улупа. Даринаг мын нæма ис. Æмæ уæдæ цы фæкæнон мæ мызд?» Куыст бирæ уыд Абацийæн. Рын- чынтæй йæ арæх не ’вдæлд Зирæи- мæ атезгъо кæнынмæ. Æмæ-иу æй уæд телефонæй æрцагуырдта, рын- чындонмæ-иу æм бауад. Æрмæст- дæр æй фена, йæ дзыхы ныхас ын фехъуса. Æнæуый йæм цард кæсын райдыдта æгъуыз, æнæмидис. Урс халат тынг фидыдта Абацийыл. Цы- дæр хъуыддаггъуыз, бæрнондæр дзы зынд. Зирæ йæхи бирæ хæттыты фарста: «Цæмæн æм æрцыдтæн, цы уыд мæ цыды сæр? Чи мын у? Бо- босы хæлар? Ахæм хæлæрттæ йын иу æмæ дыууæ ис. Ныр дзы алкæй фæдыл дæр афтæ куы рацу-бацу кæнон, уæд мæ цы рауайдзæн?» Фæ лæ йæ мид-зæрдæйæ зыдта, æнкъарД* та, Абаци йын æцæгæлон кæй нæу, Кæрæдзимæ сæ цыдæр тых кæй æл- васы. Уыцы тых бонæй-бонмæ хъо- мысджындæр кæны, æмæ иуахæмы, ноггуырд дидинæгау, райхæлдзæн, зæгъдзæн йæ зæгъинæгтæ. Зирæйы нæ фæсайдтой йæ хъуы- дытæ. Æрцыд уыцы бон, уыцы са- хат, уыцы уысм. Иумæ здæхтысты æмдзæрæнмæ Терчы былæй. Абаци цæуылдæр тыхст, ницы дзуры, йæ рæмбыныкъæдз ын нылхъывта, йæ- хи фæсабыр кодта, стæй: — Уарзгæ дæ кæнын, уый зоныс? — О, — сирвæзт йæхицæй дæр. — Уæдæ йæ зон! Зирæ ныххудт. — Цæуыл худыс? — Æз дæ уарзын, уымæй мæ цæ- уылнæ фæрсыс? Æви дæм уый ны- мады нæу. Абаци фергъуыйау æмæ афтæ ба- кодта: — Ды... Ды мæ нæ уарзыс зæ- гъынмæ хъавыс? — Нæ дæ уарзын! — сдзырдта Зирæ æмæ йын йæ русæн аба код- та. Уый фæстæ... Уый фæстæ ныха- сыл æлгъин Абаци фæкъæртт. Иæ зæрдæ бынтондæр райхæлд. Иу бо- нæй иннæ бонмæ йæм каст ноджы хуыздæр, рæсугъддæр, аивдæр. Æвæ- дза, цас тыхтæ æмбæхст ис адæйма- джы миддунейы, æмæ сын сæ ауæзт фехалын йæхæдæг дæр нæ зоны. Нæ сæ хаты. Абацийæн сæ феуæгъд кодта йæ уарзондзинад, æмæ ра- гуылф кодтой. * * * Абацийы хъæрзынмæ фесхъиудта Зирæ æмæ фестад. Æргуыбыр æм кодта, йæ туджы цæф ын асгæрста. Абаци сабыргай йæхимæ æрцыд. Зирæйы къухæвнæлд банкъардта, йæ уæздан ныхас та йын фехъуыста, фæлæ дзуапп раттын йæ бон не сси. Йæ къæхты уынæр ын фехъуыс- та, стæй та — дуары хъæр. «Æвæц- цæгæн, дохтырмæ ацыд, — ахъуыды кодта, — æмæ ма мæн цæй дохтыр хъæуы. Цас тагъддæр фæуон, уый бæрц хуыздæр. Нал мын ис разда- хæн, Зирæ, нал! Никуыуал мæ фе- хъусдзынæ, уарзын дæ, ме ’нусон уарзон ды дæ, зæгъгæ. Уый нæ, фæ- лæ дæ хатыр ракурын дæр мæ бон нæу— мæ дзых бамыр. 20
Дуары хъæр фæцыд. Абаци хъу- сы къæхты уынæр. Цымæ мын дох- тыр зонгæ нæу, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсы, кæд æй суындзæн, уымæ. Дох- тыр нæ, Зирæ сывæллонимæ æрба- цæуы. Æрлæууыдысты йæ разы. — Аба, мæнæ дæм Зæли дæр æр- бацыд. Исты ма йæм сдзур. Нана- йы æнгæстæ нæу? Нæхи нанайы, «Зæли... Мæ хъæбул, — йæ цæс- сыг фемæхст. — Æз дæ ницæйаг ба- ба дæн. Йæ хъæбысы бадынæй, йе- мæ ныхас æмæ тезгъо кæнынæй кæ- мæн нæ бафсæстæ, (Ьаг дæ чи нæ барæвдыдта, уый. Дæумæ йæ нæ равдæлд. Йæхимæ стыр цыдæр каст. «Адæмы ирвæзынгæнæг»... Афтæмæй йæ бинонты цард бахъахъ- хъæнын нæ бафæрæзта. Йæ иунæг хъæбулы фарсмæ нæ балæууыд. Ныр дæм рæвдауæн ныхас скæнын дæр мæ хъару ю/ы нал у. Къодахы размæ дæ æрбакодта дæ мад, къо- дахы. Æмæ мæ кæд нал хъуыды кæныс, кæд мæ ныхас дæ хъустыл нæ уайы, уæд дæ цæстыты раз цæр- гæ-цæрæнбонты ахæмæй баззайдзы- нæн... Гобийæ, къуыттыйæ, цæфтæ æмæ тугæрхæмттæй. Зирæ, цæмæн мæм æй æрбакодтай?! Уыцы зын- дзинад ын цæмæн сколтай? Æви ма мæм сдзæбæхмæ æнхъæлмæ кæсут? Нæ. Æз ме сæфты къахьтл ралжы ныллæууыдтæн, æмæ мæнæ мæ адзалмæ æрхæццæ дæн. Тагъд мæ фервæздзыстут. Фервæздзыстут мæ худинагæй. Æниу, мæ чызг, æз дæ мæты аккаг дæн? Æз — дæ гæртам- хор фыд, æдзæсгом, ницæйаг». Зирæ хатыди йæ мойы мидкатай, уьтдта йын йæ дондзаст цæстытæ, йæ цæсгомьт хуызьт ивæнтæ æмæ чызджы иуварс ракодта. Зæли дзы йæхи атьтдта. йæ сынтæджы ’рдæм базгъордта, йæ фьтдьт раз йæ зон- гуьттыл æрхауд æмæ йæм йæхи бай- вæзта. — Баба!.. — ныккуыдта йæ хъæ- лæсыдзаг. Абаци фесхъиуæгау кодта, стæй йыл рисс, арты æвзæгтау, альтрды- гæй сирвæзт, æмæ ницыуал базыд- та, цыдæр фæци. Нал базыдта, чызг æмæ мад йæ фарсмæ цас фесты, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ йыл цас фæкуыдтой. Зирæйы дохтыр уайдзæфты бын куыд фæкодта, сьт- вæллоны зæрдæ та ма цæмæн рис- сын кæныс, зæгъгæ... * * * Тар хъуыдытимæ бадт Зирæ йæ мойьт уæлхъус. Цы бæллицтæ уьтд, ньтр йæ разы фезмæлынхъом дæр чи нал у, уыцы уарзон адæймагмæ. йæ хъару кæуылты æххæссыд! Иры- стоны къуымты йæ кæм нæ зыдтой, ахæм нæ уыд. Бастдзинæдтæ йьтн уыд бæстæйы зындгонддæр дохтыр- тимæ. Куьтсты фæдыл, йæ дæсныйад хуыздæр базонайы тыххæй зивæг ницæмæ кодта. Фæллад нæ зьтдта. Иæ зæрдыл æрбалæууыд йæ мойьт ныхас: «Цæрын зын у, фæлæ кæд уыд лæджьт цардæй цæрын æнцон!» Фæлладæй, ссæстæй-иу ацы ньтха- сæй йæхицæн ныфс авæрдта. Йæхи- цæн дæр æмæ йæ цардæмбалæн дæр. Цæрьтн ьтн зьтн уыд, фæлæ йын йæ зындзинæдтæ ницæмæ дардта Зи- рæйьт цур. Ацы хъуьтды йын цал æмæ цал хатты загъта. Æхсызгон-ын иу уьтд. Æгайтма, йæ мойæн цæмæйдæр- ты рог кæны йæ цардыуæз.Æмæ йæ- хиуьтл нæ ауæрста. Кæрæдзийыл æрхъæцмæ нæ хъæцыдысты, кæрæ- дзийы рисæй рыстысты. Кæрæдзи- йæ сæм æмбæхст хъуыдытæ нæ уьтд. Уæлдай æнувыддæр та йыл уыд, æн- хъæлцау куьт баци, уæд. Иæ алы фезмæлдмæ йьтн йæ хъус дардта, сьтвæллоны фæрсæгау æй иудадзыг фарста йе ’нæниздзинадæй, йæ зæр- дæйьт чемæй, мидсусæг сагъæстæй. Æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд йæ ацьтд, йе ’рбацыдыл. Стыр хорздзи- надьт æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсæгау, кастысты сæ хъæбулмæ. Чьтзг уа, лæппу — уæлдай сьтн нæ уыд. Æцæг цьт хуьтндзæн, цьт хуызæн уыдзæн, ууыл-иу бирæ фæныхас кодтой. Дыу- уæ номы равзæрстой. Лæппу æмæ чьтзджы нæмттæ, сЬæлæ хуызæнæй кæй хуызæн уыдзæн, уьтй сæ бон зæ- гъьтн нæ уьтд. Сæ алкæй дæр сæ сЬæндыд иннæйы хуызæн куьт уаид. Абаци дзьт куьт федтаид Зирæйы рæсугъд цæстытæ, æрбгуытæ, был- ты æвæрд, Зирæ та— Абацийы раст фындз, роцъо, æмраст ных æмæ рæ- сугъдæвæрд дæндæгтæ. Нæ. Кæйдæртау мæлæтæй нæ тарст æнхъæлцауæй Зирæ. Мæлæт æдых у ахæм уарзондзинады цур. Зьтдта: нæ йьтл фæтых уыдзæн. Фæ- лæ-иу æнамонд хабæрттæ, арæг сыл- гоймаджьт зындзинæдтæ куы фе- хъуыста, уæд-иу зæрдæйы арфы кæмдæр æнтъыснæг æнкъарæн фæ- 21
зынд. Æмæ-иу уайтагъд йæ хъуы- дыйы февзæрд Абаци «Цы фæуы- дзæн мæ фæстæ, цард ын ад нал скæндзæн». Иæ хъуыдыйы æцæгдзинад æй . бынтондæр бауырныдта ныр. Цард ын ад нал скодта йæ ацыды фæстæ, æмæ æрдæгмардæй хуыссы йæ ра- зы. Мæлæты къахыл ныллæууыд, фæстæмæ раздæхынæн ын ницыуал фæрæз ары, йæ хъизæмæрттæ йæ зæрдæхæлд кæнынц. Фæлтау дын æз куы амардаин, æмæ дæргъвæтин рæстæджы уый бæрц зындзинæдтæ куынæ бавзæрстаис. Æз дæ уæд сыгъдæг цæсгомæй ацыдаин æмæ дæм мæрдты бæсты æнусмæ æн- хъæлмæ кæсынæй нæ бафæллада- ин. Ныр ды дæхи фæразæй кæнын- мæ хъавыс. Лидзыс мæ тæргай. Мæ артыл мын дон калыс, æмæ фæхуыс- сы. Фæхуыссы, дæ уд куыд тайы, афтæ. Цымæ мыл цы хъуыды кæ- ныс? Кæд, мыййаг, дæ бон сныхас кæнын у, æмæ барæй нæ дзурыс, дæ дзыхы дзырд мын хæлæг кæнын райдыдтай. Рæвдаугæ дæр мæ бирæ фæкодтай. Тæргай дæ куы цыдтæн, уæд дæр дæ нæ уырныдта, æнæ дæу искуы бафæраздзынæн, уый. Мæхи’ дæр нæ уырныдта. Мах, сылгоймæг- тæ, нæхи дæр нæ зонæм. Уæд дæу цы ныфс уыд. Мæ разы цæхгæр цæ- уылнæ æрлæууыдтæ? Тыххæй мæ цæуылнæ баурæдтай? Раздæрау мæ дæ хъæбысы цæуылнæ фелвæстай? Мæ маст та атадаид дæ хъæбысы, ногконд чъирийыл салд царв куыд атайы, афтæ. Фæлæ ды дæхи ныхъ- хъæддых кодтай. Нæ, нæ, дæ зæр- дæмæ цыдæр уазал дымгæ бакалд æмæ дæ уый баурæдта. Уый калмы маргæй хъæстæдæр разынд. Уый уыд нæ цардхалæг, нæ амондхалæг. Фæлтау уыцы бон мæ уатæй куын- нæ рахызтаин, кæннод нæ къæсæ- рыл мæ къах куы асастаид. Базар- мæ ацыдтæн. Дыргътæ, халсæрттæ алхæдтон, æмæ автобусы æрлæу- уæнмæ ратагъд кодтон. Æрлæууæны дыууæ усы тыхст ныхас кодтой æмæ сæм куыддæр бар-æнæбары æры- хъуыстон. Иу дзы æнкъардгъуызæй йæ рынчыныл сагъæс кодта. Рын- чын æмæ ды. Уæ иудзинады хъуыды мæм раджы ныффидар. Дæ «ри- сæй» мæ фæрынчын кодтай. Æвæц- цæгæн сæ ныхæстæм къæрцхъус уымæн уыдтæн. Автобусыл дæр сæ уæлхъус лæуд фæдæн, Фæлтау мæ хъустæ куы бакъуырма уыдаиккой. Нæ, уæд дæр æй мæ зæрдæ зыдта, æмбæрстон, цыдæр кæй кæныс, смæстыгæр дæ, хæдзар дын нал уыд, нозтджынæй цыдтæ. «Кæд мыл суæ- лæхох ис, кæд æндæр искæй...?» фарстон мæхи. Дæ къух искæй фæл- лоймæ батасыд, гæртæмттæ исын райдыдтай, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Уыцы устытæй дæ ном куы фехъуыстон, хорз, хорз дæ куы кодтой, уæд мæнæй амондджындæр ничи уыд! «Æз йæ цардæмбал дæн» — сдзурын дæр ма мæ бафæндыд, фæлæ мæхи баурæдтон. Устытæм æртыккаг æрбаиу. Зон- гæ сын уыд. Бацин ыл кодтой. Кæ- рæдзи афæрстытæ кодтой, æмæ сæ ныхас рынчыныл банцад. Дæ кой та сæм рауад. — О, о, уымæн æй фенын кæн, — ныхас йæхимæ айста æрбацæуæг — Мæскуыйы дæр хуыздæр’ дохтыр не ссардзынæ. Хион цæсты нæ ахады, æндæр уымæн цы къухтæ ис, уый куы зонис! Иæ ирвæзынгæнæг æй иу æмæ дыууæ нæ хоны. Мæскуыйы дæр æй зонынц. Уырдæм йæ рынчы- ны чи акæны, уымæн æргом фæзæ- гъынц: «Уæхимæ диссаджы дохтыр куы ис, ^æд ма ардæм цæмæ цы- дыстут? Фæндаггагыл æхцатæ хардз кæнынмæ?» Фæлтау уыцы хæрдзтæ уымæн ратт, æмæ дын дæ рынчын- мæ хуыздæр æркæсдзæн. — Æмæ айсдзæн? — Айсдзæн. Æмæ чи нæ исы! Абаци дæр исы. Исы, исы... Иу æмæ дыууæйæ нæ райста. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, æдзæммард куыд нæ фæдæн. Мæ зæнгтæ адон сты. Стæй мæ маст фемæхст: — Хорз ус, адæмыл тугтæ цæмæн мысыс?! Дохтыр гæртамисæг куыд хъуамæ уа, уæлдайдæр ахæм хорз дохтьтр? — Мæ хойыхай, нырма æрыгон дæ, царды цæуæнты нæма ацыдтæ, адæмы хорз нæма базыдтай, æмæ сæ сæрыл дзæгъæл гæрæхтæ ма кæн! Уæдæ ма йын йæ усы бафæрс, дæ лæг дæм изæры гæртам цас æр- бахæссы, дæ цацатæ æмæ бибитæ цæмæй æлхæныс, зæгъгæ? Нæ ныхас куы адæргъвæтин уа, уымæй цæмæдæр гæсгæ фæтарстæн, æмæ æрлæууæны рахызтæн. Суанг изæрмæ, де ’рбацыдмæ, мæ къух ницæмæуал æртасыд, Мæ хъуьь 22
дытæ мын мæ уд æрдуйæ нарæгдæр скодтой. Хъуыды ма кæныс, дæ дзыппы сæдæ сомы куы разынд, уæд сыл иумæ куыд фæмаст кодтам. Æмзонд, æмдыхæй. Фæлæ дыл уый фæстæ цы æрцыд? Хæйрæджы хой- рагæй дæхи куыд фæхъæстæ кодтай? Дæ лæгдзинад, дæ намыс фæтасын куыд бауагътай? «Цæрын зын у, фæлæ кæд уыд лæджы цардæй æн- цон?» Мæ ныхас æгæр карзæй райдыд- тон уыцы изæр. Уый фæстæ ма йыл бирæ фæфæсмон кодтон, фæлæ... Нæмыг топпы дзыхæй куы атæхы, уæд ын фæстæмæ раздахæн нал ис. Ды тынг фæкъæмдзæстыг дæ. Цы дзуапп радтаис, уый нæ зыдтай. Фæндыд дæ мæ ныхасæн уыцы уысм кæрон куы скодтаин, уый. Фæлæ мæсты сылгоймаг йæ ныхас æрдæ- гыл аскъуыныны бæсты йæхи дæр амардзæн. Иæ сæры цы фæмидæг уа, йæ зæрдæ йæм цы сдзура, уы- дон уайтагъд хъуамæ ракала. Фæл- тау сыл уый фæстæ цасдæр рæстæг кæнæ йæ цардцæрæнбонты дæр фæс- мон кæндзæн. Фæсмон кæнын, фæсмон, мæ уд- лæууæн, мæ ныхæстыл, сывæлло- нмæ куыд ныууырдыг уай, афтæ дæм кæй ныууырдыг дæн, ууыл. Фæсмон кæнын мæ рæдыдыл, фæс- мон кæнын, кæй никуыуал фембæл- дыстæм, ууыл. Зонын, уыцы фем- бæлд та нæ кæй баиу кодтаид, æмæ абон кæрæдзийæ иртæст нæ уаик- кам. Райдианы дæм мæ загъд ныхас диссагау каст. Стæй дæ гæзæмæ мидбылхудт цыдæр фæци. Иурæстæ- джы дæм хардзау фæкаст дæ уай- дзæф, дæ уавæр дæ, æндон тæлы- йау, æрбалхъывта, æмæ йæ цыма атонынмæ хъавыдтæ, уыйау рамæсты дæ æмæ скзлдтай: — О, о, исын! Дæттынц мын æмæ исын! Кургæ никæмæй кæнын! Сæ- хæдæг, сæхæдæг!.. — чысыл (Ьæса- быр дæ, хъуыдыты аныгъуылдтæ, стæй: — Акæс-ма, чи нæ исы. ГАИ-йы кусæг фæндаджы тигъыл лæууы æмæ шофырты стигъы: дзидзауæй- гæнæг, йæ фындз ныссæрфын рæст- мæ чи нæ зоны, уый æлхæнджыты сайы æмæ рог машинæты хицæут- тæ систы. Афтæ иннæтæй дæр... Æз стигъгæ, сайгæ нæ кæнын. Мæнæн тыххæй дæттынц. Къассæйы сæ æвæ- рын, мах дæр кæд машинæ... — Нæ мæ хъæуы ахæм машинæ! — срæдывта мæ риуæй. — Зындгонд дохтыр йæ цард аразы... Худинаг æмæ кæуинаг! Мæнæн демæ иумæ- йзгæй ницы ис! Мæнæ кæимæ цæ- рын?! Раздæр дæр ахæм уыдтæ, æви дæ дыууæизæрастæу хæйрæг фæсайдта? Дæ уды фарн, дæ намыс цы фесты? Дæ рынчынтæм ма цы цæсгомæй ракæсыс? Гæртамисæг, абырæг!.. «Цæрын зын у, фæлæ кæд уыд лæджы цардæй æнцон», — сфæзмыдтон дæ. — Дæ хуызæттæн æнцон у. Æмæ дзы цæр. Æцæг ме- мæ нæ! Нæ зонын, цы фыдтæ ма дын акалдтон. Цæуыныл ныллæууыдтæн. Зæлийы уæлæдарæс аивтон, чемо- даны цыдæртæ атымбыл кодтон æмæ арæвдз дæн цæуыимæ, дæуæй ахи- цæнмæ. Дæуæй, йе ’рбацыд æмæ йæ ацыдыл æрхъæцмæ кæмæн нæ хъæ- цыдтæн, йæ дзыхы сныхас мын мы- дау адджын кæмæн уыд, мæ амонд æмæ цард æнæхъæнæйдæр кæй но- мимæ баст уыд, уымæй. Цæй ды- бырзонд æмæ тæвд туг дæ сылгой- маг! «Дæхи фæуром» зæгъын дæ- хицæн нæ зоныс. Æмæ рамбулыс фæсмон. Ды лæууыдтæ мадзурайæ. Мæ фæстæ дæ цæстытæ зылдысты, лæгъ- стæ мын кодтой, ма ацу, зæгъгæ. Æз сæ нæ фиппайдтон, иухатт сæ Иогбоны æхсæвы куыд нæ уыдтон, афтæ. Уæд ме ’взонгдзинады аххо- сæй, ныр та мæ маст æмæ æгъатыр- дзинады азарæй. Куыд ацыдтæн дæуæй, куыд?.. О, мæ дунескæнæг! Мæ акъахдзæфы хъомыс мын цæмæннæ байстай! Уадз, æмæ мæ къæхтæ йæ къæсæ- рыл фæдыдагъ уыдаиккой, мæхи ныппырх кодтаин, æмæ мæ мæ амон- даразæг (Ьæстæмæ-мидæмæ йæ хъæ- бысы бахастаид. Иæ февнæлд мын мæ уды рис фæкъаддæр кодтаид, мæ маст æрцыдаид. Æмæ уæд дæ сагъæссаг уавæрæй дæр исты хуы- зы куыд нæ фервæзтаиккам? Иу- мæ йыл куыд нæ фæтых уыдаиккам? Ацыдтæн дæ «бынтондæр». Æды- лы, æнæзонд сылгоймаг. Дыккаг бон куыд изæр кодта, афтæ мæхи- цæн бынат нал ардтон. Мæ хъуы- дыты дзæгъæлтæ кодтон — де ’рба- цыдмæ æнхъæлмæ кастæн. Мæ мид- зæрдæйы де ’хсæвæрыл тыхстæн, цы бахæрдзынæ, зæгьгæ, Комы мæ 23
ныййарджытæм кæй дæн, уый мæ- иу æрбайрох. Æхсæв бонмæ мæ цæстытыл цъынд не ’рхæцыд, мæ хæкъуырцц кæуынмæ-иу Зæли фес- тъæлфыд. Рæстæг — хъæнтæ дзæбæхгæнæг, фæлм æвæры алцæуыл дæр. Сабыр- гай ахуыр кодтон мæ уавæрыл, æр- мæст зæрдæ хъæдгомау рыст. Арæх æй агайдтой дзыцца æмæ баба — мысыдысты дæ. Фарстой мæ, не ’хсæн цы бæллæх æрцыд, уымæй. Цы дзуапп сын хъуамæ раттаин? Дзырдтон сын, нæ цард нæ ацыд, зæгъгæ. Фæлæ сæм уый æххæст дзуапп нæ каст, æмæ дæ фæзындмæ æнхъæлмæ кастысты. Æнхъæлмæ дæм кастыстæм мах дæр. Æз æмæ Зæли. Ахæм бон æмæ æхсæв ныл не скодта, дæ кой нæм кæд нæ рауад. Фæлæ дæу дæ бæрнон куыстæй нæ равдæлыд, мæн та мæ сæрыстыр- дзинад къуылымпы кодта. Баба æмæ дзыцца дæр сæ мæгуыры бон куы базыдтой, уæд мæм хатын рай- дыдтой: «Кæдмæ афтæ баддзынæ? Цалынмæ æрыгон дæ, уæдмæ дæ фидæныл ахъуыды кæн, дæ амонд ссар, Зæлийы мах схъомыл кæн- дзыстæм». Дзурджытæ дæр мыл фæзынд. Фæлæ дæу чи базыдта,, уый ма æндæрмæ куыдхъуамæ фæ- цыдаид! Дæу мьтсгæйæ, æцæгæлоч хæдзары йæ уды хъиутæ хæрынмæ? Йæхи фыддæрадæн?.. Палатæйы дуар æрбазыхъхъыр. Зирæ фестъæлфыд, йæ бынатæй фестад. Мидæмæ, хъавгæ къах- дзæфтæгæнгæ, æрбахызт, Абаци фæ- стаг операци цы лæгæн скодта, уый ус. Ус сынтæгæй дæрддзæфгомау æр- лæууыд æмæ Зирæйæн ныллæг хъæ- лæсæй цыдæртæ дзуры. Абаци сæ нæ хъусы, фæлæ сæ йæ цæстæнгас нæ исы. Иæ рынчын цы баци, уый базонын æй фæнды. Ньтхас куьт фестьт, уæд æм Зирæ æргуьтбьтр код- та æмæ дзурьт: — Аба, базыдтай йæ. Операци цьт лæгæн скодтай, уый ус у. Бузньтг зæгъынмæ дæм æрбацыд. Иæ цар- дæмбалы йын мæлæты дзæмбьттæй байстай. Операцийы фæстæ, дам, дур æддæмæ ацьтд æмæ рынчьтн бæ- рæг фæдзæбæхдæр. Иæхæдæг дæр дæм а-дыууæ боны зындзæн, йæ къахыл куы слæууа, уæд. :—Ма мæм æрбацæуæд, æз ын мур дæр ницы баххуыс дæн. Мæ ныфс нæ бахастон уырг алыг кæ- нын, — стыхст Абаци йæхимидæг, хардзау æм æркаст, дур раиртасьш йæ къухы кæй нæ бафтыд, уый. Ус, нымдгæнгæ, йæ чысыл хызы- ны йæ къух ауагъта. — Афтидæй дæм æрбацыдтæн — Зирæйы хъæрæй ныхас фехъусгæйæ, фæхъæрдæр кодта йæ ныхас, æмæ йæ Абаци хъусын райдыдта. Хæ- рынхъом куы фæуа, уæд ын адонæй истытæ алхæндзынæ, — æхцайы тыхтон дæтты Зирæмæ — æнæуый дæр ын йæ фыдæбоны тыххæй буз- ныг нæ загътам. Нæ лæг мæрдтæй уый къухты руаджы раздæхт. Иæ нывонд мæ сæр. Дæхи фæндиаг дын тагъд адзæбæх уæд. Зирæ, æхцайы тыхтон фенгæйæ, афæлурс. Цы ма акæна, уый нал зоны. Адæймаг судзаггаг зианы ха- бар куы фехъуса,.уыйау сдыгъуырц- цæг. — Нæ! — æвирхъау унæргъд сæ- хъуыст Абацийы дзыхæй æмæ дыу- уæ усы фесхъиудтой, феуæгъд сты сæ мидхъуырдухæнæй. Æввахсдæр æм балæууыдысты. — Аба, Аба! Ды сдзырдтай? — фырцинæй æргæр-гæр кодтой Зирæ- йы цæссыгтæ. — Сдзурын дæ бон баци. О, дунейы фарн, кæд дæм адæймаджы куывд æмæ лæгъстæ искуы фехъуыст... Абаци «йе ’нусон уарзоны» фæс- таг ныхæстæ хъусгæ дæр нал фæ- кодта. Иæ хъусты æгуыппæгдзинад ныббадт, цæсгомы хид фемæхст, буар иууылдæр судзгæ рыст скодта. Зæрдæ цалдæр рæхуысты ныккод- та. Стæй сæры магъзы, судзгæ стъа- лытау, зынджы стъæлфæнтæ хауын райдыдтой. Сæ дыдзы рухсмæ та- лынг къæлидоры размæ цæуы Аба- ци. Диссаг, йæхи иуварсæй уыны. Цæф нæ, бæстьттæ дæр нал у. Фæ- лæ цыма æвæндонæй кæдæм араст? Фæстæмæ ракæсын, раздæхыны хъо- мьтс ын цæуылнæуал ис? Цы æбæ- рæг тых æй схойьт размæ? Иу, дыу- уæ, æртæ къахдзæфы ма, æмæ та- ры амæттаг бауыдзæн. Стнгхст: «Куырмæджы куыд цæудзынæн?» Стæй февзæрд йæ сæры: «Уый адза- лы фæндаг у... Афтæ дын хъæуьт, Абаци!» Æмæ уыцы хъуыдыимæ аныгъуылд сау мæйдары хъæбысы, ^^
ПЛИТЫФЕЛНКС ЦОППАЙГÆНÆГ Рахызт хæдзарæй, фæтындзы, Бирæты æрцахсы уынджы: «Баппарон уæ хъуамæ дисы: Чиныг мын цæуы Тбилисы, Ис мæм мæнæ дакумент дæр... Иры нæй мæнæй поэтдæр!» Дзырд куы вæййы хæстыл махмæ, Ацамоны уæд йæ къахмæ: «Æз — цъæлтæ æмæ сæстытæ! У мæ зæнг нырма бæстытæ!.. Уыд «мæ» арми легендарон, — Хъуамæ æз мæхиуыл зарон!..» Дæлæ та цæрдæг фæсиры, Смидæг иу уагдоны, зилы: «Ме сфæлдыстад тугыл скъуыйы, — Уадзын ног чиныг Мæскуыйы, Фенут мæнæ дакумент дæр... Иры нæй мæнæй поэтдæр!» Знон та студентты ’хсæн февзæрд, Æмæ та фæразæй йе ’ппæлд: «Æз «Чысыл зæххыл» хæцыдтæн, Æфсадæн йæ ныфс æз уыдтæн! Фæлæ... Орден мын нæ радтой! Брежневыл сæ хорз ныккалдтой!» Разгъоры та уынджы уæртæ. Чидæр æй фæрсы: «Куыдтæ дæ?» «Тынг хорз! Ме ’мдзæвгæтæ — минтæ! Арвыстон мæ къухфыст Минскмæ, Бакæс мæнæ дакумент дæр,... Иры нæй мæнæй поэтдæр!» Ратахтис цæрдæгдæр фатæй Æфсæддон къамисариатæй: «Адæм, ракæсут мæм иууыл: Ног майдан та ис мæ риуыл! Хъахъхъæдтон уæ æз фыдхæсты, — Хъуамæ ахадон уæ цæсты!» Автобусы бадт мæ цуры, Фелвæста фыссæнтæ, дзуры: «Стыр кадæг фыссын мæхиуыл, — Царды цоппай кæнын иууыл!.. Нæй мæнæй лæгдæр, поэтдæр! Уым нæ хъæуы дакумент дæр!» Ис бæрæгбон, зæгъгæ, ’фсады, Газетты æккой ысбады: «Раттут мын мæ фыст нывимæ, 25
Иры хъайтартимæ иумæ! Ох, куынæ фæцæф уыдаин, Се ’ппæтæй уæлдæр ныр уаин!» Зилы «хæсты къуылых». Ног та Уæллæгтæм ысцоппай кодта: «Рауагъдадæй мын æрдомут Тъомтæ рауадзын! Куы зонут: Иры нæй мæнæй поэтдæр! Цас диссаг у... манумент дæр!» ХÆРÆГ Хæрæджы бабастой хуымы, Даргъ уыдис, тынг даргъ йæ бæттæн... Хордта, ыссæста йæ быны Зад хуым йæ тæккæ кæрæттæм. Хордта, æндæр та цы куыста! Никæйуал кодта уынгæ дæр. Уыцы стыр хъустæй нæ хъуыста Хуым байтауджыты уынгæг хъæр!.. Хордта! Нæ йæм цыдис дзурын, — Нал куымдта уыцы дзæнæтæй. Чи-иу æй сфæнд кодта сурын, Уыдон риуыгъта зæвæтæй! Кодта хъылдымтæ фырхъалæй, Тадис ын, тадис, йæ фыдгæнд. Сæлвыдта хъугом бындзарæй, Уасгæ та: «Зад у нæ хуымгæнд!» Сираг бæх фестад йæ мадæн... Схивæнд, ныххæрæги тынгдæр!.. Фæлæ куы фæкарз уой адæм, Циу сын хæрæг дæр, уæйыг дæр?! Иубон нæ удты фыдæх-зæй Бынхоры фехста уæд хуымæй! Фæлæ нæ асаст йæ бæрзæй, — Нæй ныр æвзæрдæр ран уымæй... «Не ’мбæлы ахæм гæнæджы Сафын...» — кæйдæр сæртæ скарстой, Æмæ фыдгæнæг хæрæджы Ногæй æндæр хуымы ’рбастой!.. 1988 МÆНГ ХУЫЦАУ Рухссаг уæд нæ Хуыцау — амард, Стыр-бæрзонд бадæнæй рахауд! Тынг нæ риссæм мах йæ мардыл, — Бафтыдта æндзыгниз цардыл!.. 20
Буц уыдис мæнг кады хъæрæй... Нал æвзæрстам хорз æвзæрæй!.. Сайдтам уый дæр ’мæ нæхи дæр: «Нæй дæуæй хуыздæр, нæ хистæр!» Иугæр уымæй хуыздæр нал уыд, Уæд бæрзондæй алаз зарыд: «Ивы цард йæ апп, йæ хуыз дæр, Ацйаз фаронæй фæхуыздæр!.. Слæудзыстæм хуыздæр нæ къæхтыл, Цас фылдæр æфтауæм æргътыл. Цардгуырæнтæ, ног фæрæзтæ Къахыл — чи цæра нæ фæстæ!» Радта нын мæгуыры лæдзæг Уый нæ къухмæ! Сыгъд — нæ фæззæг. О, уæддæр хызтис уæлдæрмæ — Аразгæ кады хæнтсæрмæ!.. Хъæр, æнæпайда дзæнгæда Царды размæцыд урæдта. Раууатмæ æрцыд нæ хъуыддаг, Гæххæттыл та раззаг, фыццаг! Ничи тыхсти фарныл уатынг, Уыйхыгъд галиудзинад райтынг: Фадат — сайынæн, хæрамæн, Давынæн æмæ гæртамæн!.. Хордта уонггай ’нæфсис чидæр, Нал хауд рæстæгтæм кæрдих дæр! Хорз куынæ цæуа сæрбосæй, Цух вæййы уæд бæстæ хорзæй. Нал уыд фауинагæн фауæн, Табу кæн æрмæст Хуыцауæн... Дзых фæлладис фырæппæлдæй, Æмæ къухтæ та — æмдзæгъдæй! Хорзæхæй цы уыдис — иууыл Конд — нæ мæнг хуыцауы риуыл. Уыдон рухсæй йæм нæ зындис, Цард сыгъдвæндагыл кæй хылдис. Систа не знæгты йæ сæрыл Уый «Чысыл зæххы» гæппæлыл! 'Нæнтыст рацис легендарон! О, куыд сайд ыстæм, куыд барон!.. Диссаг: хæст кæд фæцис уартæ! Уый та «кодта» ныр хъайтартæ! Ноджы диссагдæр у, стæмдæр: Суай зæронд сæрæй фыссæг дæр!.. 'Нæрцæф, раст лæг дæр нындзыгау, Цардмæ касти раст куырм уыгау. Никæмæй хъуысти фæдисхъæр: «Сæфтмæ нæ кæныс, нæ хистæр!!!» Нæу æнусон, нæу хуыцау дæр, Стæй йæ ’рывæргæ æгъдау дæр — Рухссаг уæд нæ бодз, нæ рæдыд, — Цардивæн рæстæг æрлæууыд.., 27
СПЕКУЛЯЦИ Сыстад, сыстад спекуляци й ’авдæнæй, Слæууыдис йæ къахыл: Балхæндзынæ алыгъуызон адæмæй Алцыппæт зынаргъыл. Сытынг, сытынг спекуляци сусæгæй, Сау дидинæг калы: Балхæндзынæ машинæйыл кусæгæй Суг, фæйнæг, æвзалы! Сытынг афтæ спекуляци сусæгæй, Бадынц сах йæ хъултæ: Балхæндзынæ ам хæлцады кусæгæй ГУМ-æй хаст пысултæ! Сытынг, сытынг спекуляци сусæгæй, Уадз кæнут кæйттæ: Балхæндзынæ ды финансон кусæгæй Машинæйы хæйттæ! Сытынг афтæ спекуляци сусæгæй, Нæй, куынæг нæ цæуы: Балхæндзынæ амы хицау-кусæгæй Ды зæххытæ хъæуы! Сытынг, сытынг спекуляци сусæгæй, Нал уадзы йæ кæнон: Балхæндзынæ сидзæрдоны кусæгæй Дзидзидай сывæллон! Сытынг афтæ спекуляци сусæгæй, Алкæдæм фæхæццæ: Балхæндзынæ аптекæйы кусæгæй Дзабыртæ, хæдæттæ. Сытынг, сытынг спекуляци сусæгæй, Суагътой йын йæ бостæ: Балхæндзынæ дзабырхуыйæг дзуттæгтæй Аптекæйы хостæ! Сытынг афтæ спекуляци сусæгæй, Зондджын ысты иутæ: Балхæндзынæ никуы ницы кусæгæй Хилдасæнтæ, чъиутæ! Уæдæ стыхджын спекуляци сусæгæй, Нал у ’вæдза сусæг: Тас ын нæу йæ фесафыныл кусæгæй, Махмæ та нæй хъусæг! МÆ ХОС Æз нæ зонын Ахæм дохтырæй цауддæр, Чи фæкæсы Иæ рынчынты дзыпмæ 28
Мæгуыры кур&гау Æхца ’нхъæл! Чи сын фæкæсы Иæхимид социалон анализ: Кæд æхцаджын дæ — Ма тæрс, Кæд цыбыркъух дæ — Хос дын нал ис! О, нæ зонын Лæгнымады уымæй фæстагдæр, Нæй йæхицæй рынчындæр, Хоскæнинагдæр! Цы равдисид уымæн Йæ туджы анализ? — Фыццаджы-фыццаг дæр — Æхцаниз! Цæй низ у? Мæлыны бæсты дзы Фæкæнынц æндидзгæ, Хъæздыг! Ахæм «рынчынæн» Æз рафыссин Æппæты хуыздæр хос: Нæмыг! /ц’л^У ’
ТЁДЁТЫ РЮРИКЫ (СКИФИРОНЫ) РАЙГУЫРДЫЛ СÆШСТ 50 АЗЫ СКИФИРОН * * * Уый куыд гæнæн ис æмæ Иуда • Чырыстийы ныууæйы фæстæ Ницы-мацыты кала йæ фист?! Пиночет уыд калмау хъæстæ... Уыд Иуда æнæмæнг фашист... Уыд Чырыстийау та Неруда!.. 20. III. 81 Фæндзайæм хатт мæ гуырæн бон æрцæуы, Æхсæрдæсæм июлы бон — дыццæг... Мæн сгуыхт нæмттæ ’мæ ордентæ нæ хъæуы, — Нæ дæн гуыппырсар юбилейты лæг... Мæ кæсджытæ мæм не ’рвитдзысты телтæ, Цытджын æмбырд мын не скæндзысты хай... Элхотæй Дзаумæ, Леуахийæ Теркмæ Нæ кувдзысты мæ фæззæджы тыххæй... Рæвдыд, æххуыс — ахъаздæр сты талантæн, Æз та фылдæр — æййæфтон цæф, рæхуыст... Йæ сыкъа, дам, ын, асæттæм налатæн, Цъаммарæн, дам, цæй тыххæй дæттынц куыст?! Цæрын нæ куымдтон джунглиты æгъдауыл, Тыхджыны раз нæ къул кодтон мæ сæр, Æмæ — уыдысты хин æмæ æгъатыр, Фæрæдийын-иу кодтой хатт мæн дæр... Ныр мæнæ гъа: фæндзайæм хатт æрцæуы Мæ гуырæнбон, — хæрзиуджытæ йæм нæй... Мæн юбилейон арфæтæ нæ хъæуы, — Ныффæлдæхæд мæ фæндзай азыл къæй!.. Æрмæст хуыцау йæ зæрдыл мæн куы дара, Уæд мыл июлы æхсæрдæсæм бон Уадз, иунæг сахат сахкъæвда фæуара, — Мæ уаргъ та дарддæр уый фæстæ хæссон... 8. V. 88 аз, Мæскуы * * * Хохæй æврагъы ’хсæн уадтæн бæхыл, Хохæй, æврагъæй уыдысты фæлахс... Зæхх æмæ арвмæ уыдтæн æз æввахс, — Иугæндзон хъуыстон сæ хыл... 30
Зæхх мын цы амыдта: «Кус æмæ хæр!» Арв та: «Мæ фæндæгтæ не сты æхгæд!» Барæг æнæсæрæн уыд æви кæд Уымæн нæ уыди сæр дæр?! Худтæн: «Æвзонг ма дæн! — зæххæн дзырдтон. — Уадз ’мæ уал калон тæхгæйæ мæ хъал!» Арвæн та: «Нал дæн сывæллон дæр, нал, — Уадз æмæ бахуым кæнон!» Афтæмæй хохæй æврагъы æхсæн Уадтæн, бæхыл бадгæ, иппæрд уыдтæн, — Афтæмæй зæхх æмæ арвы хъуыдтæн — Ахсджиаг агуырдтой мæн... Абон куы фæцис мæ сайыны дуг, Бæхæй куы ’рхызтæн — хъæуы мæ лæдзæг, Зæхмæ лæппу хоны, арв та, арв — лæг... Мæстæй фæкæнын хуыдуг... Раст цыма аргъуаны адæмы ’хсæн Барæй мæхи æз пысылмон хуыдтон, — Цыма мæзджыты та афтæ куывтон. «Есо Чырысти, дæу дæн!..» Цыма «Æз ахсæв нæ кæнын фынæй!» Зæгъгæ, æгас бон та кодтон хуысгæ... «Царды дзинæдтæй мыл ма ’рхæца згæ...», — Зæгъгæ, цы рамбылдтон, цæй?! Афтæ фæзæгъын: «Мæ ныхас гæпп у, — Кæнæ тæхгæ кæнон, кæнæ та — хуым!..» Арв мæ куы фауы «зæронд дæ, хуырым!..», Зæхх мæ уæд схоны: «Лæппу!» Афон уыдис, фæлæ не скуыста сæр: Амондæй-фарнæй — дæлтъур æмæ цауд... Хохæй æврагъы ’хсæн агуырдтон цард, Арæныл ниц’ ис, уæддæр... Арвмæ куы стахтаин — арвы цæстæй Абон мæхимæ уæддæр кæсин æз... Мигътæй мын уаид гарольды пæлæз, Уад-иу кæй тонид ыстæй... Кæнæ та зæххыл куы ’вæрдтаин дур Дурыл, уæд уаид мæхицæн хæдзар, Алы капекк дæр мын уаид хæлар, Люстрæйæ саразин хур!.. Арвæй дæр, зæххæй дæр — афтид, æддæ... Арв мын зæгъы: «Зæххыл не ’ууылдтай чъиу!..» Зæхх та: «Уæлæрвтæм куы стæхис æниу, — Уым дын хæтæнтæ — цæттæ!» Цард цы у, уый нæ зонын — философ нæ дæн, Уымæй дæлæ йæ зæппадзы бафæрсут Канты... 31
Цæй, цы гуыбынниз хъуыди, бырсгæйæ, германты?! Пырх кæй кодтой?.. Сæхæдæг ныйисты дæрæн! Цард цы у?.. лæг цæмæй вæййы лæг, ома лæг? Хъуамæ аргъ кæнын зона мæлдзыг ’мæ поэтæн... Лæг куыд ницы бавæййаг хъуамæ уа дунетæн?! Макæй хъыгдарæд, макæмæ кæнæд хæлæг... Ма æвæрæд йæ дуæрттыл иу — иннæмæй Разагътадæр, тыхджындæр, хъуырнадæр гуыдыртæ... Кæрты ма бæттæд сау куыйтæ — знæт æмæ стыртæ... Хъавæг æмæ æвзидæгæн удæнцой нæй... Цард цыфæнды дæр уæд... Цард уыдис ’мæ уыдзæн, Уый — бæласы хуызæн, мах — йæ сыфтæртæ уымæн... Сау дымгæ та — мæлæт... Фæлæ сауджын йæ хуымæн Иæ кæрæтты куы зила, уæд искæй куыдзæн, Искæй хъыхъхъаг, аргъонахъ Куыдзæн цыма бар Чи хъуамæ радта æмæ йæ ссæнда цæхгæрмæ?! Мара фысымы стонгæй, йæ фынгыл цæлгæнгæ?! Кард-иу чи раздæр сиса, уый баййафæд сар... Æз фæйнæрдæм кæсын... Ацы зæххыл кæддæр, Раст цыппор азы размæ уыд пруссаг паддзахад... Фæлæ Скæсæнæн калм уый нæ уыдис фыццаг хатт, — Æмæ фесæфт йæ залиаг кой æмæ хъæр... Цæр дæхицæн дæхи зондæй... Ферох кæн зыд... Ма у хин ’мæ фæлывд... Науæд искæй кæркдонмæ Чи лæбура йæ галуанæй, уымæн кæронмæ Ие ’хсидавæй йæхи сæрыл схæцдзæни зынг... Ацы рæсугъд хæдзæрттæ кæй уыдысты, уыдон Махыл сау арт æфтыдтой, нæ цард нын сыгътой... Нал ис Кенигсберг, — ноггуырд сахары сырх кой Уадз, йæ фыдгултæн феста цыфыддæр дывыдон!.. Цард цы у, уымæй бафæрсут Шиллер ’мæ Канты, Фæлæ уыдонæй мин хатты хуыздæр дзуапп кæд У хæзнайау ныгæд, у мыггагмæ ныгæд Ам æфсымæрон судзгæ-уыраугæ ингæнты... 3. V. 85 * * * МЕЩАНТÆ — ПОЭТÆН: «Ныууадз, æмдзæвгæты кой ма кæн, Дæ философитæ ныууадз... Цы пайда сæ ис махæн?.. Фæлтау æртæ арахъхъы балхæн Æмæ нын фестдзынæ æвдадз... Ныууадз, рæсугъд чызджы фæкастыл Фæу æнæсæрфат ныхас... Цæхх нын кæныс нæ мастыл... Кæм ма ис чызг?! Уыдзæн дæ уарзты — Кæйдæр тæрхъусы басы бас... 52
Ныууадз. Дæ Космостæй, Ёьетнамтæй Æмбулгæ ницы кæнæм мах... Цы хъавæм африкаг там-тамтæй?! Цы хъазæм атомимæ къамтæй?! Нæ хъул сæ н’ абаддзæни сах...» ПОЭТ — МЕЩАНТÆН «Ныууадзут!!! Дудгæ бадат, дудгæ, — Лæг уæ сымахæй у кæцы?.. Бæрзонд материтыл фæхудгæ, Йæ къуырттон карчы цæстæй дугмæ Сымахæй алчидæр кæсы!..» 23. III. 66, Дзæуджыхъæу. * * * Уырызмæг базæронд ис æмæ загътой Нартæ: «Кæддæр лæппу-лæг уыд. Цæмæн ма бæззы ныр? Кæддæр æм тых уыди. Ныр ма йæ фенут уартæ: Уæнгтæхъил у æмæ — цы ма вæййы — гуыбыр?! Кæддæр фæлдæхтам цыма хæхтæ дæр йæ зондæй, — Сæрбахъуыды сахат йæ ныфс уыд бавæрд-райст. Ныр æм куы ’ркæсы хур фæсаходæн бæрзондæй, Уæд æм æхсæвæрмæ йæхи фæтавы раст... Цытæ бæллыди знон: Сырдонмæ, дам, цы пец и!.. Сатанайы къæбицмæ нал хæссы фæллой. Фæнды йæ, чизоны, куы йын раттиккам пенси, Цæмæй стæй иннæтæ дæр ахæмтæм бæллой!.. Нæ, уый гæнæн куыд ис?..—зæгъынц æмдзыхæй Нартæ,— Нæй уый гæнæн æмæ æввонгæй уа йæ цард, Уа фидиссаг йæ дуг!.. Цы ма кæнæм уынаффæ: Æнæ мæлгæ йын нæй, — зæрондæй сси зындард... Зæгъут ын, лæппутæ...» Чъызгæ йын загътой уыдон: «Тæрхон дын скодтой Нарт— мæрдтæм æрвитынц дæу...» Уырызмæг бахудти: «Æз ме уоны кæй уыдтон, Цы мын загътат æндæр?.. Уый — Нартæн диссаг нæу... Фæлæ ма кæд мæнæн дæр бахай кодтой бартæ, Уæд мын æргъæу чырын ыскæнæнт æмæ уым Мæн фурды бавзилæнт æнæбазæронд Нартæ, — Хуыздæр ингæн мын уæд, кæм арфдæр уа хуыдым...» «Бынтондæр сæрра лæг!..» — уый Нарты стыр Ныхасы, Фæлæ, дам, нын уæддæр йæ фæндон у закъон... Æмæ — æргъæу чырын уырдыгмæ фурд фæласы, Уырызмæгæн уым ц’ ис: дзæнæт æви зындон?! Сæ уд æрцæуæнт ныр æбузн, æгъатыр Нартæн, Сæ устыты хай уæд Сатанайы фыдбон!.. Фæлдыст-иу ныр фæуæнт Сырдоны пецы артæн, Æмæ сын спаддзах уæд сæ хины маргъ Сырдон!.. 3. Журн. «Фидиуæг» № 12. 33
Ныр сæм уæлдай къæбæр куы нал хæра Уырызм&г, Тæфæбоны фыдаз фæкъаддæр уыдзæн уæд... Нæртон зæронд фæкасти къардиуæй уырдыгмæ, Стæй загъта кæстæртæн: «Хæрзбон! Цы уа, уый уæд...» Цы уыдзæн, уый миййаг нæ фестдзысты фыццаг хатт Æргъæу чырыны сæр, хуылфæппæрстау, æхгæд... Дæ тых, дæ бонæй йыл адзалы онг фæцархай, — Нæ йæ бакæндзынæ!.. «Хæрзбон! Цы уа, уый уæд!..» Куыд тагъд æй фесхуыстой йæ адзалы фæндагмæ?.. Куы зæгъа раст, уæд æй нæма фæнды мæрдтæм... Фæлæ æргъæу чырын цъæх уылæнтæ, фæйлаугæ, Фæхæссынц, фескъæфынц цъæх денджызы æрдæм... Нæ, нæ, кæронмæ ам нæ фæкæндзынæн таурæгъ, Æрмæст бæдæйнаг уæд Уырызмæджы зæронд: Куы дæ фесафой, уæд фæстæмæ ’рцу хъайтарæй, — Терк-Турчы рæгъæуттæй сæ бауырна дæ зонд... 18. IV. 83 Фæскъæвда æрæндæвта хур. Æрбайрох ис дысоны уарын. Æппæтдæр та фестади сур. Нæ мæргътæн та стыдта сæ зарын... Фæлæ ма у цæугæдон бур. Йæ хуылыдз-ма тархъæд лæмары. Нæма схъарм и доны был дур. Зынг хур та фæхæрд кодта арвыл... Æмæ та... Æвиппайды мигъ Æрбахгæдта бæстæ, Æвиппайд Ныккалдта æнæвгъауæй их. Мæгуыр дуне хурæй фæиппæрд... Гъе, афтæ фæвæййы мæ маст. Фæвæййы мæ удхайраг додой. Мæ мидбылты схудын æваст, Æнтъыснæг мæм нал кæны дзой-дзой... 34
Мæн раздæр цы фарн æмæ хъазт Æнæвгъауæй, арæхæй домдтой, Æз уыдонмæ скæнын мæ каст, Мæн уыдон сæхицæй фæкодтой... Фæлæ ма нæма батад их Мæ зæрдæйы. Афтæ уæгъдибар Кæцæй у? Æрбабырсы мигъ, Мæ фарсæй фæвæййы мæ фидар... Цыдæр мæ нырриуыгъы тынг. Хæл бу р цъгæнгæ стыхсы мæ зæрдæ. Лæбуры йæм хъуыдытæй зынг. Æнхъизынц йæ маройы зæлтæ... Рæхойы мæ алцæмæй уынг: Йæ райсомтæй, бонтæй, изæртæй. Мæ разы ныррухс вæййы фынг Мæ цæссыгты иугуыр узæлдæй... Æмæ та... фæлтæргай цæуы Мæ хъуырмæ фæсусæй мæ хъарæг. Ныййарæгыл сау мигъ кæуы. Мæн дæр ма куыд æндавы зарæг?.. 15. VIII. 1965 Карца
ХЪОРОТЫ СОСЛАН АЗЕБО Радзырд — Басудзæд, Дзебо нæ сыхмæ цы бон æрлыгъд, уый, — æмдзыхæй дзурынц Сæлбиты уынджы лæгтæ. Цы боны кой кæнынц, уыцы бон- æй фæстæмæ æнæхъæн уынджы ус- тытæ, раст цыма æмдзырд бакод- той, уыйау иу ныхас кæнынц: «Лæг дзы хъуамæ ахæм уа, ахæм. Æм- мыст, иунæг афæдз ахæм моимæ ацæр, стæй амæл!» Адæм иугъуызон не сты. Бирæ- тæн рæмпъузæн ныхас сæ хъусы фæрсты ацæуы, иннæтæн та сæ тъæн- гтæ ацæгъды. Ладо знон сомы ракодта йæ фы- ды цæсгомæй: «Мæ хæдзары мауы- цы æлгъыстаджы кой скодтай, зæ- рыбон дæ цæвæнгарз нæ раздахдзы- нæн». Æмæ та кæртæй йе ’фсины рæхойæн ныхас куы æрбайхъуыст, уæд фырмæстæй адæнгæл, мæстæй- дзагæй кæртмæ рахызт æмæ ах&м зæрдæйы уагимæ, æвæццæгæн, йæ усыл цæвынæй нæ бацауæрзтаид, фæлæ æнæнхъæлæджы кæрты сагъ- дауæй аззад: Стыр Фыдыбæстæйы хæсты Сапун-хохы цур мардфæуæг Хъази йе ’фсинимæ ныхæстæ кæны! Хуымæллæггъуыз бухайраг худ мæ- лæты фидыд кодта йæ æрвгъуыз хъоппæг цæстытæ æмæ æмхæст хъуынджын æрфгуыты сæрмæ. Сау- сауид цухъхъа æрбалвæста сауарæзт рон. Мыдгъуыз, æвзистсæр бæрцы- тæ, стъалытау, æрттывтой йæ фæ- тæн риуыл. Сау сæрак цырыхъхъы- тыл рыг фæлм сæвæрдта. Абарстой Ладойы цæстытæ лæджы сæрæй къæхты бынмæ æмæ йæ стæй сы- вæллонау ныхъхъæбыс кодта. Йæ русæн ын цалдæр пъайы ныккодта, йæ амонæн æнгуылдз ын, æфсæры къæдзæй хъуырмæ цы нуас цыд, ууыл æрсæрфта, æмæ йæ цæстытæ доны разылдысты. Иудзæвгары фæстæ се ’ппæт дæр мидæмæ ахызтысты, æмæ дыууæ лæ- джы фынджы фарсмæ куы ’рбад- тысты, уæд та Ладо йе ’нæнхъæлæ- джы уазæджы нуæсмæ бакаст æмæ афтæ: — Иу бакастæй дæ уыцы нуæсы фæрцы базыдтон. Дзур-ма, Хъази, дзур, кæцæй фæдæ? Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? — Гъе, Ладо, мæ цæгæр сæры зонд нали, нал! Абондæргъы æз цы æдылы митæ фæкодтон, уыдон мæ: хицæн нæ ныббардзынæн. — Фæлæу-ма, дæ хорзæхæй, дæ фыдыуæзæгмæ кæй æрцыдтæ, ууыл фæсмон кæныс? — Уанцон нæу, Ладо, мæ рыст зæрдæ мын куыд рæхойыс! Абон дæс сахатæй фæстæмæ агурын дæ ног сыхаджы, де ’фсин стыр аргъуц кæмæй кæны, уый. Горæты уынгты æнæхъæн бон фесæфтон. Никæйы федтон хæстæджытæй. Цæй тых-1 хæй?!' Мæ хæстæг кæй у, мыййаг, уый охыл? Мæ хойыхай, ды кæцæй хъуамæ зонай, мах дыууæ хойы зæ- нæджы хъæбултæ кæй стæм дæ ног сыхагимæ. Ноджыдæр ма уын зæ- гъын, хæстæджы охыл æй нæ агуыр- дтон. Мæ мард фенут, мæнæ уын ацы цæхх æмæ кæрдзынæй ард хæ- рын, мæнæн ныр дыууиссæдз азы мæ зæрдæйы уидæгтæ æхсыдта иу су- сæг маст æмæ æнахуыр фарст: зæ- гъын цавæр абуалгъы низæй æрба- рыичын Дзебо? Зæгъын, кæцы пси- хиатрон рынчындоны амардуьщы æнамонд гуырд? Чи йæ сæмбæлын кодтаид йæ фыды уæзæгыл? Чи йын загътаид иу сыкъайыдзагæй рухсаг! Чизоны, зæгъын, æвирхъау низ куы нæ уыдаид, уæд исты хъæбатырдзи- над равдыстаид, бæрзонд систаид ирон лæджы ном... — Хъази, мæ сонты бонты хæлар; мæ хæстон æрдхорд, стыр хуыцауы хатыр бакæн, фæлæ мæ хæдзары ахæм æлгъаг адæймæгты кой ма кæн! Радзур мын фæлтау дæхи уды хабæрттæ. — Ладо, дæ хуыцаумæ скæс, дзурын мæ бауадз, æнæуый дæр 36
мын кадавар рæстæг баззади. Куыд кæсын, афтæмæй ды мадзурайæ баз- задтæ: уæ сыхы ме ’мхæрæфырты диссæгтæ иу дæр нæ зоны. ...Уыд сусæны мæй, 1941 аз. Не ’фсæддон хай уыд дæлæ Авчъалайы. Хъуамæ нæ дыккаг бон Керчмæ ар- выстаиккой. Раст уагуадзынафон адæм къазармайы фæстæ сдзолгъо- молгъо сты. Салдæттæ кæрæдзи фарстой: «Чи у, чи?» Уæдмæ мæм нæхи лæппутæй иу удисгæйæ æр- бахæццæ: «Размæл, Дзебо цыдæр кодта!» Уайтагъд бахæццæ дæн. Æниу, фæлтау фæндагыл уæрагсаст куы фæуыдаин, саугуырм куы бауыдаин æмæ уыцы ныв куынæ федтаин: абон мæ йæ дзурыны сæр нæ хъæуид. Ла- до, мæ мард фен, сомы дын кæнын, кæд ацы хабар фыццаг хатт нæ дзу- рын. Æниу æй Турчы кæмæн хъуа- мæ радзырдтаин? Намæ, æнамонд хабар кæуыл не ’рцæуы? Цæмæй зыдтон æз — Дзебо æнаккаг æмæ фæлитой лæг у. Раст цыма знон уыди, абон дæр мæ цæстытæй нæ хицæн кæны. Кар- ды комыл фæцыдтæн цалдæр азы, туджы зæйтæ мæ ластой, концлагер- ты æртæ азы хæрæджы хафт фæкод- тон, мæ игæрæй уынгтæ марзтон. фæлæ ахæм ныв никуы федтон: Дзе- бо астæуæй уæлæмæ — зыбыты бæгънæг, бынæй æрмæст трусик æмæ чысыл сывæллонау... фаджысæй йæ- хи сæвдылдта, йæ дынджыр сæр æфсæйнаг хæтæлыл фæхоста æмæ ноджы ныррæсыд. Портийау-иу хæрдмæ фæхаудта æмæ та-иу æфсæн хæтæлмæ йæ сæр æрхаста. Иæ ты- быртæ цагъта, йæ пæстытæ дзагъы- рæй баззадысты. Иæ даргъ хъазы цæсгом йæ сæндæгæй сызмæста. Сæт, туг, алы чъизиæмхæццæ йæ домгæмттæй лæдæрстысты æмæ лæсæнтæ кодтой йæ фæтæн риуыл. Ныххæцыдыстæм ыл цалдæр лæп- пуйæ, фæлæ ацу æмæ йæ ды бау- ром; Иæ гæндзæхтæ цæгъды, куы та арвмæ йæхи æппары æмæ та зæххыл йæ тъæпп фæцæуы. Иугæр сызмæстыстæм туг æмæ сæтæй, йæ чъизиты, уæд æй зæхмæ ныл- хъывтам. Уæдмæ санбатæй æрба- хæццæ сты. Судзинтæ йын сарæзтой æмæ йæ сынтæгмæ ныббастой. Мах уыцы бон, æхсæвы 10 сахатыл нæ дард фæндагыл арвыстой. Нæ дуджы, ,мæнæ хорз адæм, адзал лæгæн, йæ аууонау, йæ фæ- дыл зылд. Туркмæ куы ’рбахауд- там, уæд нæ немыцæй тынгдæр фæ- тæрсын кодтой: уацары, дам, чи уыд, уыдон, дам, уæхимæ æнæфæрс- гæйæ, растæй-зылынæй цæгъдынц. Лидзыны къахыл ныллæууыд- тæн, дыууæ хатты ралыгътæн. Æр- цахстой мæ, мæ дзыхы мын дæндаг нал ныууагътой, ныппырх-иу мæ кодтой. Баззадтæн уым. Стуркаг дæн. Æмæ уæддæр загътон, мæ райгуы- рæн къуыммæ туристæй уæддæр фæцæуон. Нæ къорды хистæрæн æнæхъæн къуыри фæлæгъстæ код- тон: иу бон мæ Тбилисæй Цхинвал- мæ ауадз. Æппынфæстаг — сразы. Абон мæ рауагъта иунæгæй. Фæ- лæ, мæнмæ гæсгæ, кæдæмдæр фæ- хабар кодта æмæ мæ абондæргъы кæйдæр цæстæнгас хъахъхъæны. ...Дзеботы фыццаг адрес мæм уыд. Загътон; иу сахат сæм фæуыдзы- нæн, уый фæстæ Ладойы фендзы- нæн æмæ фæстæмæ фездæхдзынæн. Фæлæ хъуыддæгтæ алыхатт зæр- дæйы фæндонмæ гæсгæ кæм ацæ- уынц. Мæ зæронд уæрджытæ ахауд- той горæты уынгты Дзеботы агу- рæг. Сæ фыццаг хæдзары кæрты куы балæууыдтæн, уæд мæ зæрдæ, уæ- рыккау, скафыд. Загътон, рæствæн- даг фæдæн, йæ байзæттагæй уæд- дæр исчи уыдзæни ам. Бахостон, бафарстон æрыгон сылгоймаджы æмæ мын загъта: «Милици дæр нæ зонынц, ныртæккæ Дзеботæ кæм цæрынц, уый. Æрвылаз уæй кæны йæ хæдзар æмæ ног æлхæны. Бирæ хатт æй йæхиуыл дæр не сфидар кæны». Исдуг мæ нæ бауырныдтой сыл- гоймаджы ныхæстæ. Зæгъын, Дзе- бо мард у æмæ «Дзеботæ» уымæн загъта. Ноджы мæ зæронд хабæрт- тæ æрымысыдтæн: фæсхæст-иу мæ фыстæджытæ фæстæмæ æрыздæх- тысты иу ныхасимæ: «Ам ахæм нæ цæры». Хатыр ракуырдтон æмæ ра- цыдтæн. Сылгоймаг, бæлвырд, мæ карæй фефсæрмы æмæ мæ фæстæ радзырдта: «Ардыгæй алыгъд Чер- мены уынджы ’фæндзæм рсæдза\р- мæ». Цæуын, зилын уынгтыл, хæдзæрт- тыл. Мæ цæстытæ фæрыстысты,1 Дзебо цы хæдзæрттæ фæуæй код- та, уыдонмæ кæсынæй. Фæндзæм 37
хæдзар афтæ рæсугъд æмæ стыр уыд, афтæ, æмæ йæм куы скастæн, уæд мæ худ фæстæмæ ахауди. Загъ- тон: æнæмæнг ам цæры. Асинтыл барджын цыд скодтон. Къавдидоры бæсты — æрдхæрæ- ны цæлгæнæн зал. Стамбулы ахæм никуы федтон! Æрра дæн, Турчы ахæм цæлгæнæн зал кæмæн ис! 200 кв. метры йæ фæзуат! За- лы дæллаг кæрон мæ æрбаййæфта кæйдæр ныхас, чи, дам, у. Сылгой- маг та мын бамбарын кодта, кæцы уынгмæ алыгъд Дзебо, уый. Кæртæй уынгмæ рахызтæн дæн- гæлæй. Мæхимæ сау суарийы аргъ нал фæкастæн. Расыг лæджы хуы- зæн сдæн, æмæ сывæллæтты рæв- дауæндонмæ куыд бацыдтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Къаннæг хъæдын кæлæццаг бæстыхай. Раст, Цолайы хæдзарау, иуæрдæм фæ- къул. Мæхи нал басастон æмæ урс халатджыны афарстон: «Дзебой^ы хæдзар кæцы у?» Уый мын æнахуыр стыр галуантæм ацамыдта йæ къу- хæй. Ау, уый иу лæджы хæдзар у, мæнæ ай та сабиты рæвдауæндон?! — æнæбары мæ, фæрсæгау, сирвæзт. Сылгоймаг фæтыхст, рæстæгмæ, дам, стæм ам. Ног нын аразынц, зæгъгæ, йæхи растгæнæгау загъта фæлмæнзæрдæ ус. Мæ зæнгтæ дыдæгътæ райды- дтой. Зæрдæ йæхи риуы фæйнæгыл хойы. Загътон, афардæг уон, сЬæлæ ма дыууæ къахдзæфы номыл... Сырх- сырхид агуиридурæй дыууæуæ- ладзыг галуан. Урс-урсид цинкæй æмбæрзт. Кæрты дунейы сывæллæт- тæ куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæйы маст фæсаст. Æгайтма йæзæнæджы фæдыл уыйбæрц сабитæ ис. «Ратæ- хут-ма, бабайы хуртæ, æз уын къафеттæ авæрон», — сидын саби- тæм. Уыдон сæ бынæттæй нæ фез- мæлыдысты, джихæй мæм кастыстьт. Уæдмæ мæм дыккаг уæладзыгæй бур-бурид дзыккуджын сылгоймаг æрдзырдта: «Чи дæ æмæ дæ цы хъæуы?» Дзуаппы бæсты асинтыл æгомы- гæй сфардæг дæн. Зилын хатæнтыл, зилын æмæ сæ мæхимидæг ныма- йын фондз, дæс, фынддæс. Æстдæс хатæны! Диссæгтæ, мæнæ царциаты диссæгтæ, мæ сæр ныттылдтон! Сыл- гоймаг загъта, мах, дам, сæ 250 ми- нæй хæрз æрæджы балхæдтам. Дæ хорзæхæй, Ладо, мах рæс- тæджы ахæм бартæ куы никæмæн уыд, уæд ай циу, цы ’рцыди? Иу чысыл горæты уал хæдзар балхæн æмæ сæ стæй ауæй кæн?! — Хъази, ныр дæр бар нæй, бар. Мах рæстæджы цы закъæттæ уыди, ныр дæр уыдон сты, ничи сæ аивта. Зæгъæм горæты дæхи сæрмагонд хæдзар ауæй кодтай, уæд дын æртæ азмæ балхæныны бар нал ис. Уыд æмæ ис ахæм закъон. Фæлæ иуæй- иу бæрнон кусджытæй базаргæн- джытæ æмæ спекулянттæ сарæзтой æхцакусæн машинæтæ. Афтæ у, æндæра мæ фыд дæр ацы хæдзары цард, Хъази. Пенсийы ацæуыны бонмæ заводы директо- рæй фæкуыстон. Фæлæ-ма скæс — мæ уæлхæдзары æмбæрзт раивын мæ къухы ничердæм æфты. Цалдæр хатты куырдтон зест. Горæххæст- комы-иу мын загътой: «Рад. Дæ рад нæма æрцыд». Фæлæ, йæ кой авд дæлдзæхы, де ’мхæрæфыртæн закъон æмæ рад нæй. Уæлæ уæллаг сыхы федтай, цы дзуарбадæн ныууæй кодта. Дыккаг бон ам алхæдта къан- нæг кæлæццаг хæдзар хæрз аслам аргъæй. Æртыккаг бон арæзтадон æрмæг æрбакалдта. Цыппæрæм бон кусджыты бригадæ хæдзар ныппырх кодтой æмæ ног бæстыхай аразын райдыдтой! Æмæ та де ’мхæрæфырт галуанæй уырдыгмæ кæсы æнæхъæн уынгмæ! Акæс, уымæй стырдæр дзы искæмæн ис? Афæдз рацæудзæн æмæ та йæ ныууæй кæндзæн. «Тала» та балхæндзæн æмæ йын афæдзмæ «арвæмбуар бæлас» фестдзæн. Æмæ йын чи дæтты ахæм бартæ, арæз- тадон æрмæджытæ? — Ды дæр мын ног Америкæ байгом кодта, — йæхи нал баурæдта Ладийы ус. — Дыууæ машинæйы йæ кæрты лæууы. Дыууæйы дæр ацы аз райста, дыууæ дæр «Жигулитæ», дыууæ дæр 06-тæ. Æмæ дзы уæлæ уæллаг сыхы цал ауæй кодта? Мæ цæгатæн та сæ галтæ байстой, гал дарыны бар, дам, нæй! — Ам, Хъази, иу фæдсафæн ис. < Машинæ де ’мхæрæфырт дæ номыл алхæны. Ды йын æууæнчы гæххæтт дæттыс. 5 мæйы фæстæ Хъази уæй кæны йæ машинæ. Дзебойæн йæ кой дæо нæй. — Омæ, Ладо, ахæм бартæ цæ- мæн ис цæстфæлдахджытæн? — ба- фарста Хъази. ~ Нæй сын, куы дын загътон, &
Сæ бынæттæй сæ сисынц, партийæ еæ расурынц, — дзуап радта Ла- до, — Абон уа, райсом уа, уæддæр ахæм негативты баныгæндзысты. Хъази, мæ кæстæр æфсымæр Хъы- рым фронты фæмард. Иу чызг ын баззад. Зæринæ хуыйны. Де ’мхæрæ- фыртмæ кусы. — Фæлæу-ма, Ладо, бахатыр кæн, фæлæ ма Дзебо кусгæ дæр кæны? — Уæдæ нæ кусы! Хицауæй. Си- сынц, аеурынц æй æмæ та йæ хуыз- дæр ран бауромынц. Цæргæ цæрæн- бонты — хицауæй! Зонгæ та мур дæр ницы кæны. Органты раз сæр- гуыбыр у, йæ кусджытæн та «дæ райсом хорз» дæр нæ зæгъдзæн. Хъæр сыл кæны, фосау. Зианмæ нæ цæуы. Хисты бадын худинагыл нымайы. Ресторантæ кæм сты, уый нæ зоны. Йæ хæдзармæ лæг нæ хо- ны. Нуæзт, дам, зиан хæссы. Иæ цæргæ-цæрæнбонты иу чиныг никуы бакаст, иу спектакль никуы федта. Æдзух йе ’хцатæ нымайы. Зæринæ Мæскуыйы фæцис архивон инсти- тут. Иу æртæ азы куы акуыста, уæд сарæзта чиныг «Спутник — путево- дитель». Дзебомæ диссаджы хорз фæкаст. Обкоммæ бацыд. Загъта, хъуамæ нын баххуыс кæнат, уæ рынтæ бахæрон. Нæ архив дисса- джы чиныг сцæттæ кодта æмæ йæ джиппы рауадзут. «Зæгъ-ма, Дзебо Челеевич, куыд хуыйны дæ чиныг?» Дзебойæ æрбайрох чиныджы ном æмæ афтæ: «Космос, космос!», «Фæ- лæу-ма дæ хорзæхæй, æмæ архив космосæн цы зоны?» — Бахатыр кæнут, æз ныртæккæ чиныджы къухфыст æрбахæсдзы- нæн, — сæргуыбырæй загъта Дзебо. — Дзебо Челеевич, дæлæ ма йæ рауагъдадмæ бахæсс, ардæм ма йæ цæмæн хæссыс? — Гъемæ хорз, — фæсмонгæнæ- гау загъта Дзебо æмæ рацыд. Фæс- мон та тынг кодта: кæй æдылы ны- хæстæм, дам, хъуыстон... Зæринæитæ йыл зарæг скодтой. Телефоны сæм иннæ уатæй сусæ- гæй фæхъусы æмæ барæй уыцы за- рæг телефоны зарыдысты: Дæлæ Дзебо фæтæхы Дзецц æмæ дзецц. — Иæ дæлармы цы хæссы? — Дзецц æмæ дзецц. — Иæ дæлармы гæртæмттæ Дзецц æмæ дзецц — Æмæ гæртæмттæй цы кæны? Сæрдæртты дзы балхæна Дзецц æмæ дзецц. Æмæ сæрдæрттæй цы кæны? Дзецц æмæ дзецц. «Жигулитæ» сæ расайа Дзецц æмæ дзецц. «Жигулитæй» та цы кæны? Дзецц æмæ дзецц Дыууæ цармы сæ «растигъа» Дзецц æмæ дзецц. Дзебо йæхи нал баурæдта те- лефоны хæтæлы ныцъцъæхахст лас- та: «Дæ бинноты мард дын фенæд! Хæтæл æртъæпп кодта æмæ сырх цæ- хæрайæ чызджыты уаты фæмидæг, сонт цъæхахст фæкодта: — Æдылы ныхæстæ мысын йед- тæмæ дын ницы куыст ис? — Дзебо Челеевич, цы кодтай, цы? Ацы зарæг театры ног спек- таклæй у. Дысон æй федтам. Спек- такль та спекулянттыл фыст у. Заргæ та йæ Датикъо кæны, аф- тæ дзæбæх æй зары: «Дæлæ Дзебо фæтæхы...» — Æгъгъæд дын зæгъын! Цъам- мар! Æз дын дæ бынат ссарын кæндзынæн... — 0,о ахæм у. Фæлæ уæддæр хицауæй кусы. мæ къона, — фæ- цис йæ ныхас Ладо. Дуары дзæнгæрæг ныззæлланг кодта. Ладойы бинойнаг дуар фегом кодта æмæ загъта: — Уазæг, мидæмæ. — Уе ’зæртæ хорз æмæ фæрн- джын уазджытæй хайджын ут. Тби- лисмæ автобус ацæудзæн æрдæг сахаты (Ьæстæ. Уæ уазæгæн... — Лæппу, ирон лæг нæ дæ, ми- дæмæ æрбахиз, уазæгæн раарфæ кæн, — йæ агуывзæ фынгыл æры- вæргæйæ, загъта Ладо. — Стыр хатыр бакæн, Ладо Владимирович, рæстæг мын нæй, — дзуапп радта «цыппардзæстон». — Уæдæ уе ’рхъуыдыйæ бузныг, уазæг йæ рæстæгыл Тбилисы уы- дзæн. Нæ сиахс æй йæхи машинæ- йыл ныддавдзæн, ныхас стæм. — Нæ дын загътон, Ладо, мæ рæстæг фæцис, бон баизæр, фæлæ дæ сыхаг нæ разынд, — загътаХъа- зи. — Хъази, уымæ та чи æнхъæл- мæ кæсы. Майрæмбоны ацæуы æмæ къуырисæры сихормæ хæдзармæ не 39
’рцæуы. Кæм вæййы, уый ничи зо- ны. Хæдзæрттæ йын ис Дзæуджы- хъæуы, Тбилисы, хъæуты, Мæскуы- йы. Зæгъгæ никæмæн ницы кæны æмæ йæ кæцæй хъуамæ зонай. — Зæнæг та йын цы ис, зæнæг? — Лæппу æмæ чызг. Лæппуйы хобби — машинæ. Сæрæй — йæ фы- дæй бирæ цухдæр, цæсгомæй—фи- дардæр. Иу æртæ хатты ахæстоны уыд. Нæ кусы. Машинæтæй базар кæны. Чызг дæр нырма йæ фыды уæларт бады. — Афтæ у, мæ хур, цы байта- уай, уый æркæрддзынæ, — сабыр- гай, фæлæ мæетыгъуызæй загъта Хъази æмæ, йæ дзаумæттæкæнгæ- йæ, йæ ныхас адарддæр кодта: «Ладо, мæ балцыл фыццаг фæсмон кодтон, фæлæ мын дæ фенд, дæ дзыхы ныхас, мæ райгуырæн бæс- тæйы фенд, æвæццæгæн, мæ царды бонтæ бирæ фæфылдæр кæндзысты. Æрмæст мын ме ’ргом ныхасмæ ма фæхъыг у: Раст нæ дæ ды, стæй дæ хуызæн намысджын адæм, уæ дзыхыл цъуттатæ кæй бакодтат, Дзебойы хуызæттæн ахæм «хизæн- тæ» кæй дæттут, уымæй. Бирæ нæ, фæлæ сæ де ’фсинæн дæр никуы радзырдтай. — Дзæгъæлы дзырдæй ницы цæ- уы, Хъази. Хицауад цы нæ зоны, ахæм нæй. Ног паддзахады сæргъ- лæууæг карз загъта ахæмты гых- хæй æмæ сæ тагъд, хæмпæлгæрдæ- джьгтау, арувдзысты æмæ хурмæ ахус уыдзысты. — Афтæ дæм кæсы, Ладо? — Кæсгæ нæ, фæлæ æнæмæнгæй дæр афтæ уыдзæн! Фæцис сæ рæс- тæг. Æхсын сын райдыдтой сæ ба- зыр æмæ бынхæлд кæндзæн сæ ахуыр. Уынгæй æрбайхъуыст машинæ- йы хонæн хъæлæс. — Цы, уый зоныс, Хъази, ацы æлгъысты тыххæй дæ мур дæр ни- цæмæй афарстон. Демæ цæуын Ка- лачы уонг, демæ фæндагыл уæд- дæр аныхас кæнон. — Гъемæ тынг хорз. Цæуæм. 1983 аз. *е*#
РЫБАКОВ АНАТОЛИЙ ЙÆ ФЫДЫ МЫСГÆЙÆ Роман «Арбаты хъæбултæ»-йæ скъуыддзаг Фарон рухс федта, уырыссаг прозаик Рыбаков Анатолий дыууын азæй фылдæры размæ кæй ныффыста, фæлæ мыхуыры бар кæмæн нæ лæвæрд- той, уыцы уацмыс — роман «Арбаты хъæбултæ». Тынг цымыдисæй йыл сæмбæлдысты советон æмæ фæсарæйнаг чиныгкæсджытæ. Уый у, абон адæм хæлæфæй кæй кæсынц, уыцы аивадон уацмысты сæйрагдæртæй. Ро- ман æвдисы 30-æм азты фыццаг æмбисы советон адæмы цард, æвдисы йын йæ карз ныхмæвæрдтæ, йæ драматикон æмæ трагикон рæстдзинад. Романæй нæм расты «стыр фæтæг æмæ ахуыргæнæг» Сталины фæлгонц, историон æмæ психологон æгъдауæй арф æмæ алывæрсыгæй раиртæст- гонд фæлгонц, дыууынæм æнусы æгъатыр диктаторы фæлгонц. Мах цы скъуыддзаг мыхуыр кæнæм, уый у романы дыккаг хайæ, дык- каг сæргондæй. Сталин киноныв куы уыны, уымæй раздæр æрлæууыд йæ фыд йæ зæрдыл, уыцы бон Мæскуыйы реконструкцийы генералон ны- вæсты тыххæй æмбырды куы уыд, уæд. «Чидæр, трибунæйы лæугæйæ, фæуд кодта йæ раныхас. Цыма йæм лæмбынæг хъусы, ахæм хуыз æвдисгæйæ, Сталин гæххæтты сыфыл ныв кодта Гурæй дæс километры æдде, чысыл хъæу Атъены рагон дзуæртты хæлддзæгтæ. Уым цардысты, йæ фыд Джугашвили дзабыртæ кæмæн хуыдта, уыцы зæхкусджытæ. Уырдæм-иу сын сæ ахаста, хаттæй хатт та- иу сын сæ уым дæр хуыдта, иу-дыууæ боны бæрц. Уый арæх кодта йемæ чысыл Иосифы дæр». Уым, Атъены, уыдта дзуæртты хæлддзæгтæ, бахъуыды сæ кодта. Ста- лины нымадæй, иууыл ахъаззагдæр цыртдзæвæнтæ сты архитектурон цыртдзæвæнтæ, æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ Мæскуыйæ скæна ног, стали- нон дуджы архитектурæйы сахар. Мæскуыйы архитектурæйыл хъуыды кæнгæйæ, Сталинæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты Атъены дзуæртты хæлд- дзæгтæ. «Æмæ ныр, президиумы даргъ стъолы фарсмæ кæронæрдыгæй бад- гæйæ, гæххæтты сыфыл ныв кодта уыцы хæлддзæгтæн сæ растхаххон хуызтæ. Уый ныв кæнын нæ зыдта, фæлæ растхаххон фигурæтæ арæзта æгæрыстæмæй æнæ растхахгæнæнæй дæр, йæ къух уыд фидар, хъæбæр». Æмæ дарддæр: Фараст фынддæс минуты цух уыд, афтæ æмбырдæй æрбаздæхгæ- йæ, Сталин бацыд йæхимæ, каби- нетмæ. Поскребышев ын фехъусын кодта: — Шумяцкий киноныв æрбала- ста, Иосиф Виссарионы фырт! — Хорз, — загъта Сталин. — Шу- мяцкийæн йæ бон у, ацæуа хæдзар- мæ. Зæгъ Климент Ефремы фыр- тæн, рацæуæд кино уынынмæ. Киноæвдисæн зал уыд Сталины кабинеты фæстæ, кæрæдзийæ сæ дих кодта æрмæст хъарагъулты ха- тæн. Зал егъау нæ уыд, æдæппæт бадæнты авд рæнхъæй конд, алы рæнхъы дæр — аст бынаты. Сталин-иу алкæддæр кино уыдта Политбюройы уæнгтæй искæимæ. Ахæм афон-иу йæ кæсæнцæстытæ бакодта æмæ-иу æрбадт фæстаг, ^вдæм рæнхъы, кæронæй, цæмæй и& киноаппараты тын ма хъыг дардтаид æмæ цæмæй киноаппарат йæхæдæг йæ хъусы цур ма къæр- къæр кодтаид. Хаттæй-хатт, æр- мæст-иу сæм уазджытæ куы уыд, уæд-иу, Сталин æрбадт дыккаг рæнхъы астæуæй æмæ-иу йæ кæ- сæнцæстытæ нæ бакодта. Уый йæ кæсæнцæстытимæ йæхи никæмæн æвдыста, йæ кæсæнцæстытимæ йæ никуы уынын кодтой. Абон Сталины бардзырдмæ гæс- гæ, æрбаластой Чаплин Чарлийы «Стыр сахары рухсытæ». Сталин æй уыдта æртыккаг хатт. Уый Чап- лины уарзта, Чаплин уыд йæ фы- ды хуызæн, йæ иунæг зæрдиаг адæймаджы хуызæн. Хаттæй-хатт- иу æм Чаплины хъайтар фæкаст йæхи хуызæн — уый дæр ацы дуне- йыл у иунæг. Фæлæ-иу йæхицæй уыцы хъуыды иуварс атардта, ахæм нæ уыд æцæгæй. Чаплин уыд йæ фыды хуызæн, æрмæст йæ фыды 41
хуызæн. Мæгуыр Чарли цыдис фæн- дагыл, фæстæмæ фездæх-фæкæс- гæнгæ, йæ мидбылты тæригъæддаг худт кодта. Сталинæн йæ цæссыг- тæ æркалдысты, къухмæрзæнæй йæ цæстытæ асæрфта. Ворошилов æм æргуыбыр кодта: — Къоба, цы кодтай? — Ацы киноныв мæн тыххæй у, — уазал дзуапп радта Сталин. Фæлæ киноныв Сталины тыххæй нæ уыд, ’—киноныв уыд йæ фыды тыххæй, æнамонд дзабырхуыйæг Джугашвили Виссарионы тыххæй... Уый-иу æхца бакусынмæ куы цыд, Телаумæ кæнæ æндæр искуыдæм, уæд-иу уый дæр, раст Чаплинау, фæндагыл фæстæмæ фездæх-фæ- кæс кодта, йæ къух тылдта Иосиф- мæ, йæ мидбылты æнкъард, тæри- гъæддаг худт кодта. Уæд уыдон цардысты Къулумбе- гашвилийы хæдзары, уый дæр дза- бырхуыйæг уыд. Хæдзары уыд дыу- уæ хатæны, иу дзы ахстой Къулум- бегашвилитæ (Хъуылымбегтæ), ин- нæ та уыдон, Джугашвилитæ (Дзу- гатæ). Чысыл хæдзар, дзабырты тæф дзы ахъардта, уым куыста Къулумбегашвили, йæ фыд-иу дзы (Сталины фыд) уыд стæм ^атт, ацыд-иу Къахетмæ, рахау-бахау кодта, нæ йын фидыдта йæ мади- мæ. Йæ мад уыд сыгъдæгтуг гуыр^ дзиаг картвели, йæ фыд та хус- сайраг ирæттæй, Гуры уезды чи цард, уыдонæй. Иæ фыдæлтæ сгуыр- дзийæгтæ сты, æмæ йæ фыдыфыд йæ мыггаг «Дзугаты»-йы («Джуга- ев»-ы) ирон «ты» («ев») баивта гуырдзиаг «швили»-йæ. Йæ мад цыд хъæздыг идæдз Эг- натъашвилимæ гæрзтæ æхсынмæ æмæ хæдзар æфснайынмæ. Ахуыр- гæнæндоны-иу дзырдтой, уый, дам, у Иосифы фыд, дины ахуыргæнæн- донмæ дæр, дам, æй уый бакодта, дзабырхуыйæг Джугашвилийы фырт, дам, куы уаид, уæд, дам, ын дзабырхуыйæджы дæсныйад амо- нид, æмæ, дам, Гуырдзыстоны нæ хъеллау кæнид. Иууылдæр мæнг дзурынц — æу- уæндæн никæуыл ис! Чысыл Ио- сиф хорз зыдта, йæ фыд дзабыр- хуыйæг Джугашвили Виссарион у — сабыр, хæларзæрдæ адæймаг, æниу æй йæ мад алкæддæр æлгъыста, дзырдта, уый тыххæй, дам, стæм афтæ мæгуыр, уый, дам, нын фе- сæфта нæ цард. Уыцы фидисты тыххæй Иосиф йæ мады нæ уарзта. Æнæмæнг йæ мады фæндыд йæ фыртæн хорздзинад, фæндыд æй, цæмæй суыдаид сауджын, фæндыд æй, цæмæй йæ балæвар кодтаид хуыцауæн. Æмæ-иу æй Эгнатъа- швилитæм дæр йемæ акодта, цæ- мæй хæрзад хæринæгтæй йæхи дзæ- бæх федтаид. Уый та нæ фæндыд уыдонмæ цæуын. Уыдон хъæздыг сты, уый мæгуыр, кæртмæ йын ра- хæссынц харчойы къус, фысы фыд, сæхæдæг та бадынц мидæгæй, ха- тæнты, нуазынц сæн, ныхас кæ- нынц.. Эгнатъашвилитæм-иу куы цыдысты, уæд-иу ыл йæ мад скод- та йæ хуыздæр дарæс. Цæмæн? Да- рæсæй иутæ бæлвырд кæнынц сæ хъæздыгдзинад, иннæтæ дзы æм- бæхсынц сæ мæгуырдзинад. Уымæ та йæ мæгуырдзинад худинаг нæ каст. Иæ хæлаф ныскъуыдтæ? Уадз ныскъуыдтæ уæд! Æндæр хæлаф ын нæй. Дзабыртæ ныйихсыдысты? Æндæр дзабыртæ йын нæй. Тифли- сы, семинары, уый æгæрыстæмæй буц дæр ма уыд йе скъуыдтæ уын- дæй — афтæ хъуамæ уа æцæг нæл- гоймаг! Уый ныр дæр дары хуы- мæтæг дарæс, салдатау... Уый нæ фæндыд, æмæ уыдаид йæ мады бархъомысы дæлбар. Иæ фыды уарзта, фæлæ уый бархъо- мысы дæлбар дæр йæхи нæ кодта, уымæн æмæ йæ фыдмæ бархъомыс нæ уыд. Иæ мадмæ уыд бархъомыс, æмæ иууылдæр дзурынц, йæ ма- дæй, дам, рахаста Иосиф йæ уды- хъæд, фæлæ йæ мад йæ бархъо- мыс æмæ йæ удыхъæд бахардз код- та кæрдзыны къæбæр амал кæны- ныл. йæ фыды та нæ фæндыд, ка- печчыты тыххæй йæ астæу искæй раз тасын кодтаид, уарзта зарын, хъазын, фынджы уæлхъус бадын йæ хæлæрттимæ. Æмæ-иу уыцы ми- нутты уыд æцæг нæлгоймаг, зæр- дæмæдзæугæ, хъæлдзæг. Иæ мады фарсмæ та-иу уыд чысыл, ссæст, мадзура. Æдых, лæмæгъ адæймаг! Уый фæстæ райстой фыстæг, йæ фыды, дам, ын Телауы амардтой, расыгæй фæхыл кæимæдæр. Мæнг дзурынц уымæй дæр. Иæ фыд хыл никуы кодта, сабыр, чырыстон адæймаг. Чи æмæ йæ цæй тыххæй хъуамæ амардтаид? Дедтæ йæхæ- 42
дæг амард. Ахуыргæнæндоны лæп- путæ Иосифы мæстæй мардтой: дæ фыд, дам, йæ сæрæн нæ разынди, кæйдæр амæттаг, дам, фæцис. Ио- сиф та хорз зыдта, уый афтæ нæу, уый мæнг у, æгæрыстæмæй сын дзуапп дæр нæ лæвæрдта, бахудæз- мæл-иу кодта йæ былтæ æмæ-иу азылд фæрсæрдæм, æлгъ сыл код- та, йе ’махуырдзаутæн се ’ппæтыл дæр, æлгъ кодта хъæздыджытыл, сæ хъæздыгдзинадæй хъал кæй уы- дысты, уый тыххæй, æлгъ кодта мæгуыртыл, сæ мæгуырдзинад сæм худйнаг кæй каст, уый тыххæй. Уым ын, Телауы, баныгæдтой йæ фыды, фæлæ кæм, уый ничи зоны. Æмæ йæ уый, йæ фырт дæр, нæ зо- ны. Уый та уарзта йæ фыды æмæ йæ йæ фыд дæр уарзта, нæ йæ æф- хæрдта, никуы йæм хæцыд, йæ сæр- иу ын рæвдаугæйæ æрхоста, зарыд- иу. Иæ фыдæй рахаста музыкæмæ йе ’взыгъддзинад. Ахуыргæнæндо- ны зарджыты къорды алкæддæр лæууыд уæллаг рæнхъы, уым-иу лæууыдысты асæй ныллæджытæ. Иæ хъæлæс ын хуыдтой иууыл хуыздæр, регент1 дзырдта, йæ хъус, дам, хорз ахсы музыкæйы мид- ызмæлд. Уыдæттæ иууылдæр йæ фыдæй рахаста æмæ уындæй дæр у йæ фыды хуызæн, уый дæр уыд асæй ныллæг, бурдзалыггомау, йæ мад та бæрзонд, сатæг-сау. Иæ фыд уарзта æмæ æмбæрста хъазæн ны- хас, йæ мад хъазæн ныхас не ’мбæр- ста, тарæрфыг сылгоймаг. Ие ’мзæххонты фæндыд, Гурыл сæвæрой йæ ном, Сталины ном. Нæ хъæуы! Уадз йæ ном ын сæвæрæнт Цхинвалы сахарыл — Хуссар Иры- стоны столицæйыл, уый уыдзæн цыртдзæвæн йæ фыдæн æмæ йæ фы- ды æппæт ирон тугхæстæджытæн дæр. Иæ мад хъуамæ зона, УЫИ нæ рох кæны йæ фыды, цыт кæны йæ фыдæн, дзабырхуыйæг Джуга- швили Виссарионæн. Æдылы сыл- гоймаг нæу, бамбардзæн æй. Æнæ- мæнг, советон адæмы цæсты УЫЙ хъуамæ уа цæвиттойнаг, фæзминаг фырт, уымæй йæ фæлгонц кæны адæймагондæр, хæстæгдæр, зæрди- агдæр. Фæлæ йын сабидуг сæйра- Джыдæр у йæ фыд. Уый ногæй мысыд, йемæ куыд цыд Атъенмæ, уым зæхкусджытæ 1 Р е г е н т — аргъуаны зарджыты къор/ зылдысты сæндæттæм, сæ къæхтæй цъæл кодтой сæнæфсир, егъау æлыг быркуытæм уагътой замманайы сæн «Атъенури». Æмæ йæ фыд изæрыгæтты йæ хæлæрттимæ нуæзта атъенаг сæн æмæ семæ зарыд — гуырдзиаг би- рæхъæлæсон зæрдæвхъив зарджы- тæ. Хорз зарыдысты, хорз нуæз- той — сæн сæ кодта хæларзæрдæ æмæ хъæлдзæг, уырыссаг муззук- кæгтæ куыд нуазынц, афтæ нæ, уы- дон арахъхъæй ныррасыг, нытътъо вæййынц, хыл самайынц æмæ кæрд- тæй лæбурынц кæрæдзимæ. Фæлæ уыдон сты уырыссаг адæм, стыр сæ нымæцæй, сæ территорийæ, æмæ æрмæст уыдонимæ ис аразæн исто- рийæн. Гуырдзы Уæрæсемæ кæй æрбаиу сты, уый сын бавæрдта сæ наци, æмæ уымæ гæсгæ гуырдзиаг социализм у иумæйагуæрæсейон со- циализмы иу хай. Фæлæ уæддæр уырыссæгтæ — уыдон не сты гуырдзиæгтæ. Ахуыр- гæнæндоны, семинары, йæм ничи агайдта йæ сахъат цонджы тыххæй, уымæй бæрæг кодта фыдæлтыккон гуырдзиаг уæздандзинад. Фæлæ йын уый фæстæ ницæмæуал дард- той йæ уыцы физикон сахъатдзи- над, нæдæр Бакойы, нæдæр Бату- мы, нæдæр Сыбыры, йемæ уыды- сты гуырымыхъ æмæ æнауæрдон. Уый уæд нæ фæцудыдта, сæ ных- мæ сын æрæвæрдта ноджы тых- джындæр гуырымыхъдзинад. Иæ гуырымыхъ, йе ’нæхсæсты тыххæй йын уайдзæф кодта Ленин, фæлæ æрмæст афтæмæй ис разамындгæ- нæн: аппараты гуырымыхъдзинад йæ рохтыл хæцы адæмьт гуыры- мыхъдзинадæн. Адæммæ уæздан ахаст дарынц æрмæст интеллигент- тæ æмæ сын æрæджиау сæхи арæ- цугъынц хæррæгътау. Уæд, æрыгон ма куы уыд, уæд уый бамбæрста, зæгъгæ, Уæрæсейы демократи у сæ- рибардзинад æрмæст гуьтрымыхъ тыхтæ суæгъд кæнынæн. Гуыры- мыхъ инстикттæн басæттæн, ныцъ- цъистгæнæн ис æрмæст тыхджын хицаудзинадæй, ахæм хицаудзинад хуыйны диктатурæ. Уый не ’мбæр- стой меньшевиктæ, уымæн æмæ адæмы нæ зыдтой, уый æмбæрстой болыневиктæ, уымæн æмæ адæмы зыдтой. Гъе, уымæн ацыдысты уы- дирижер. 43
рыссаг социал-демократтæн сæ фылдæр большевикты фæдыл, уы- рыссаг чи нæ уыд, уыцы социал- демократтæ та — меньшевикты фæ- дыл. Большевизм у уырыссаг фæ- зынд, меньшевизм — уырыссаг нæу. Цыдæриддæр е г ъ а у гуырдзиæг- тæ уыд, уыДонæй уырыссаг адæмы æрмæст иунæг УЫИ æмбæрста æмæ ацыд большевиктимæ. Иннæ гуыр- дзиæгтæ — Жордания Ной, Цъере- тели, Чхеидзе æмæ уыдон хуызæт- тæ — уырыссаг адæмы нæ зыдтой æмæ ацыдысты меныыевиктимæ. Æцæг, уæд УЫИ уыд зæхх снацио- нализаци кæныны ныхмæ. У ы ц ы рæстæджы сæ раст чи уыд, уый æви Ленин, — бæрæг нæу. Ивгъуыд рæстæджы раст чи уыд кæнæ раст чи нæ уыд, уымæн истори нæ дæт- ты иунысанон дзуапп — раст у фæ- уæлахизуæвæг. Фæлæ УЫИ Лени- нимæ быцæуыл не схæцыд: йæ фæн- даг уыд болыневиктимæ, Уæрæсеи- мæ, æрмæст уым уыд йæ бон, æмæ суыдаид политикон архайæг. Уый бирæ куыста национ фарстыл æмæ фидарæй зоны: нациты æхсæн, адæймæгты ’хсæн, куыд у, афтæ, фæуæлахиз вæййы тыхджындæр на- ци, адæмты æхсæн, политикты æх- сæн куыд у, афтæ ис разамонджы- тæ æмæ дæлбартæ. Советон Цæди- сы цæры сæдæйы бæрц адæмтæ, уым разамонæг хъуамæ уой æр- мæст иу адæм — уырыссаг адæм, уыдон сты нæ бæстæйы цæрджы- тæн се ’мбисæй фылдæр. Уырыссаг гуыппырпаддзахадон шовинизмæн СИДЫН ХЪÆУЫ æгъатыр тох, уымæн æмæ уымæй цырын кæ- ны бынæттон национализм. Фæлæ иу минут дæр рохгæнæн нæй: сæй- раг, æмбырдгæнæг тых сты уырыс- саг адæм. Уырыссаг адæмæн уый, Сталин, хъуамæ уа уырыссаг, фран- цæгтæн корсикæйаг Бонапарт На- полеон францаг куыд уыд, афтæ. Дзуццаты Хадзы-Мураты ивд. ч»е*#
ЙУХАТЫ ПЕТРО КÆРÆДЗИЙЫ СÆРВÆЛТАУ Тох ыскарзи... Знаджы ныхмæ комы Мах æфсад, тыхдымгæйау, бырста. Фæлæ знаг дæр басæттын кæм комы, — Алгъуызон хæцæнгæрзтæй нæ ’хста. Къордæй йæм куы баввахс ыстæм цасдæр, Айхъуыст уæд нæ командиры хъæр: — Райгуырæн бæстæйы тыххæй размæ! Ног та айхъуыст нæмгуыты къæр-къæр. Махуæттæ сыл райдыдтой æрхъула, Царды сæрыл бацайдагъи тох. Кæрдæг тугæй бонрæфты фæхъулон, Нал æнцадис сармадзанты богъ. Уæд абхазаг сахъ хæстон æрхауди, Иу хъæр ма ысфæрæзта: — «мæлын!» Риугуыдыры зды нæмыг ныссагъди, Туг, цыхцырау, сау зæхмæ кæлы. Бацыд æм ирон фæдисон, дзуры: — Бафæраз, æрбæттон дын дæ цæф... Фæлæ уый дæр базынгхуыст йæ цуры, Раззаг хаххæй аззадис дæрддзæф. Æмæ тох куы ’рсабыр ис, — цытимæ Доны былыл, наз бæлæсты бын, Бавæрдтой дыууæ хæстоны иумæ, Ахицæн сæ хæстон царды зын. Æмæ ныр ирон æмæ абхазаг Иу ингæны ’фсымæртау хуыссынц. Афтæмæй сæ ном уæлæуыл баззад, Зарджытæ сыл кадимæ фыссынц. Гагра, II. 12. 80 аз. БÆЛОН Урс бæлон уæлхæдзар бадти, Хур æй æгæр тынг сыгъта. Æмæ дын кæртмæ æртахти, Хоры нæмгуытæ уыгъта. Дардта йæм цардбæллон саби Рудзынгæй дзулы къæбæр. Бæлон æм батахти сабыр — Бафтыдта ууыл йæ сæр. Схæлар ис сабийæн бæлон — Алы бон рудзынгмæ тахт. Саби йæм фестад æвæлмон, Хатыд йæ базырты цагъд. 45
йубон дьш саби сæ кæртæй Арвмæ йæ къухаууон скаст. Бæлон фæцæйтахти ’фсæстæй... Чидæр æй фехста æваст. Базгъордта саби йæ размæ, Бæлоны базыр уыд саст. 'Рхаста йæ уайтагъд йæ мадмæ. Мад æм æдзынæгæй каст: — Ие ’гæр фæкала дæ фехсæг, Уый уыд фыдгæнæг цыдæр. 'Нæхъыг бæлоны фехст не ’хсæн — Тугтæригъæдæй фыддæр. Мад ын æрбаста йæ базыр, Байгас йæ хъæдгом бæстон. Арвыл та райдыдта хъазын Урспакъуы сабыр бæлон. Цхъалтъубо, 14. 2. 79 аз. АБХАЗАГ ЧЫЗГ Абхазаг чызг! Зæрин сæууон хур дæ, зæрин. Абхазаг чызг, дæ бакасты Æрцарди рагуалдзæджы цин. Æндон тракторæй хуым уæд кодтай, — Дæ ныхыл — хиды ’ртæхты фыст. Æз федтон: фæтæны дæ комбайн Лæгæрста... Бирæ йын æнтыст! Лæууыдтæ станочы цур буцæй — Фæзындис газеты дæ къам. Ды дæ цæстæвæринаг кусæг, Нæй, нæй дæ къухты айсты къæм. Ды номдзыд дохтыр дæ, нæ уарзон, Зæххыл — æвдадзы хос дæ уд. Дæ цæст нын хорз ракæнын уарзы, Æхцон дæ фæлмæн мидбылхудт. ...Æз хатын, зонæдты цæхæр дæ, Нæ съездтыл лекцитæ кæсыс. Нæ кадджы партийы тæрхæттæ Дзыллæтæм, рухстаугæ, хæссыс. Абхазаг чызг! Зæрин сæууон хур дæ, зæрин. Абхазаг чызг, дæ бакасты Æрцарди рагуалдзæджы цин. Гагра, I. 12 80 аз. }ф4^}
Литературон ногдзаутаё УАЛЫТЫ ЗАРÆ ЧЫСЫЛ РАДЗЫРДТÆ ФЫЦЦАГ РАДЗЫРД Гурген ныр цалдæр азы иунæ- гæй цæры. Бæргæ йын уыдис хорз цард, æмбæлттæ, иуæй иннæ — рæ- сугъддæр, ахуырдæр, фæлæ алыр- дæмыты фæлыгъдысты. Ныр кæйдæриддæр йæ рæстæг æнæхъуаджы ныммарын фæнды, уыдон Гургены фатер æнæмæнг æр- цагурынц. Æцæг æм æнцон баха- уæн нæ вæййы. Хъуамæ бынæй схъæр кæнай Гургенмæ. Кæд дæм исты хæссинæгтæ суына, уæд дæм ракæсдзæнис, кæннæуæд йæ ру- дзынгæмбæрзæн зыхъхъыр дæр нæ фæкæндзæн: цасфæнды хъæр кæн, цасфæнды хой дуæрттæ. Æмæ... Гæбил дæр бынæй схъæр кодта. Ныдздзагъыр сты йæ цæстытæ Гур- гены рудзынгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, рудзынг байгом ис, æмæ Гурген бæзджын хъæлæсæй æр- дзырдта: — Рахиз уæлæмæ, цы дардæй хъæр кæныс! Мæнæй ма, Гæбилыл иуæрдæм «Фарн фæцæуы фæрныджы хæ- дзармæ!» — бæргæ бирæ хæттьгты базарыдысты Гургены хæдзары къæ- сæрæй, фæлæ дзы иунæг хатт дæр фарн не ’рбынат кодта. Уыйхыгъд дзы æндæр чидæртæ æрбынат кæ- ны... ...Бынæй чидæр схъæр кодта. Гурген рудзынггæрон фестад. Фæн- даджы хъæбæрыл, йæ дæлæрмттæ йедзагæй, дзойтæгæнгæ, лæууыдис Сиби. — Уæлæмæ, уæлæмæ рахиз, стæй уырдыгæй хъæр кæн, цыма мын æд- дагон дæ, — йæ зæрдæ барухс Гур- генæн æмæ йын бабустæ кодта,— Дæхуызæн уазæг дардæй цы хъæр кæны! уæз кодта йе стыр хызын. Уайтагъд Гургенмæ цы уазджы- тæ уыдис, уыдон дæр фæхæларзæр- дæ сты, алыхатт афтидæй йæ сæрæй дуæрттæ чи фæкæны, уыцы Гæбил- мæ. Сæ иу ма фæсдуар дæр алæу- уыд, æмæ куыддæр æрбахызтис, афтæ йæм, хъыхъхъаг куыдзау, ра- лæбурдта: — Æу-æу-æу! Гæбил схъиугæ нæ, читт дæр нæ фæкодта. — Астæмæ, Гæбил куыдзæй нæ тæрсы, — æмæ йæ хызын æрæвæр- дта фæсдуар. Хæцъил хызын бынмæ æрхауд æмæ афтид æвгтæ, армытъæпæныл æвæрдау, аззадысты. Гæбил æппындæр никæмæ каст, афтæмæй сæ уыдта, алчидæр сæ, арвы цæфау, куыд фæцис, фæлæ уый уымæ æппындæр никуыцæй хаудта. Хæдзармæ чи баирвæзы, уымæн йæ бон у, æрдæгæхсæвмæ дæр пайда кæна, цы дзы баййафа, уыдонæй. Абон Гæбил рамбылдта. Сиби уайтагъд Гургентæм фев- зæрдис. Иæ дæлæрмттæ æмæ йæ дзыппытæй сæ сæртæ сдардтой арахъхъæмæ сæны æвгтæ. Уайтагъд сæ фынгыл авæрдтой, æмæ кæд Си- би йæхæдæг æппындæр ницыуал цух уыдис, уæддæр ма йын Гурген æмæ йе ’мбæлттæ дыууæ арахъхъы адардтой. Иæ сæр, йæ фат дæр нал бамбæрста Сиби. Цыдæр фыдбы- лызтæ йæ æнæарæзт балкъоны дуар- ыл бафтыдтой. — Сиби, цал хатты дын загътон, уыцы дуарыл уæхимæ нæ фæхæццæ уыдзынæ, балкъон ист у æмæ дæлæ асфальтыл дæ дæнг фæцæудзæн. — Æнæмæнг... — æрбалыгъд ха- ДЫККАГ РАДЗЫРД 47
Т&ны астæумæ Сиби, аразил-ба- зил кодта æмæ та фæстæмæ балкъо- ны дуары ’рдæм фæраст. Гурген базыдта, Сиби ницыуал бахъуыды кæндзæнис, йæ габазыл ын фæхæцыд, дуарæй йæ рассыдта æмæ дуар мидæгæй дæгъæлæй æрæх- гæдта. — Рабыр-бабыр кæнынц æххор- Гургенмæ иу хорздзинад ис, йæ хæдзары фæрасыг, уæд æм дзæгъæ- лы рацу-бацутæ нæ цæуы. Схуыс- сы æмæ баулæфы. Фæлæ дзы ацы- хатт йæ удæй цыдæр ныфс бацы- дис æмæ Сибиимæ рабæлццон уынг- мæ. Сиби Гургенæй æртæ уæладзыг бындæр цардис. Сæ къæсæрмæ-иу куы ’рцæйхæццæ кодта, уæд-иу йæ къахфындзтыл сындæггай æрхъуы- зыдис, ма йæ базоной йæ бинонтæ, кæннæуæд та йыл ныззæбултæ уы- дзысты уый æппæт сывæллæттæ æмæ йæ баласдзысты хæдзармæ. Цыдæр æнамондæн Гургены дуар нал æмæ нал æхгæдта. Г,уыпп æй кæнынц, дæнг æй кæнынц... Тых æмæ йæ фыдтæй сæхгæдтой. Стæй ма бæргæ сабыргай æрцæй- хъуызыдысты, фæлæ куыддæр Си- биты дуары цурмæ æрхæццæ сты, афтæ фегом ис. Сибийы мидæмæ баскъæфтой хъæргæнгæ: — Абондæргъы дæ чидæр теле- фонæй агуры, саууынгæджы фе- стæм. Байхъус уал æм æмæ стæй ацæудзынæ. Сиби йæ фæстæ дуарыл нæ ахæ- цыдис æмæ æрдæгæхгæдæй баззад. Райста телефоны хæтæл, йæхи ныу- уæздан кодта æмæ фæлмæн, лы- стæггомау хъæлæсæй сдзырдта: — Ал-о-о-о... — Æ дæ туг баназай, куынæ та ныууæздан кæнай дæхи, уæд! Сиби фесхъæл, телефоны хæтæл йæ къухæй амбæрзта æмæ сывæл- лæттæм ныртхъирæн кодта: — Æз уын зæгъдзынæн, чидæр дæ агуры, кæд ма мæ æндæр хатт æрбасайат, уæд ам лæппу ма уæт! Телефоны та дзуры: маг куыйтау! Æмæ сæ ды дар! Сиби ма иу-цалдæр гуыппы æр- бакодта Гургены дуар, стæй сыхæг- ты дуарыл ралæууыд. Уыдонæй дæр æм куы ничи ракастис, уæд смæсты: — Гъомæ кæдæм мæрдтæм фæ- цыдис Гурген, цы сындзæхгæд скод- та йæ дуæрттæ. — Нана, цæй расыг дæн? Ни в коем случае. — Уæдæ æрвонгæй уырыссагау куыд никуы срæдийыс? Стæй, цæф горабындзау, куы гуыз-гуыз кæныс, уæд æй æз нал зонын, цы уавæры та дæ, уый?! Ардæм суайынæн дбш рæстæг никуы вæййы, фæлæ Гур- гены ифхæрсынæн рауарыс! Уæдмæ Гурген дуары зыхъхъы- рæй æрбадзырдта: — Цæй рацу, кæд цæуыс, уæд. — Нана, ныртæккæ дæм фæцæ- уын, — дзуры Сиби телефоны хæ- тæлы. Гурген Сибийы дзуапп йæхимæ бамбæрста æмæ та дзой-дзой бай- дыдта асины сæр. Сиби бæргæ атонынмæ хъавы йæ- хи телефоны хæтæлæй, фæлæ йæм ницы хуызы хъусы йæ мад, дзуры æмæ дзуры: — Цæмæ мæм цæуыс цыппæрди- гъонæй, ам та мын мæ нервтæ сы- халай?! Гурген дæр йæхиуон домы: — Цæй-ма, кæд цæуыс, уæд рацу! Сиби Гургены хъусгæ дæр нæ кæны, йæ мады раз йæхи куыд сраст кæна, ууыл архайы: — Гъомæ хорз, нал цæуын... Гурген та Сибийы ныхæстæ йæ- химæ бамбæрста æмæ ма иу дзырд бакодта дуары зыхъхъырæй: — Уæдæ æз ацыдтæн... Æппынфæстаг Сибийæн телефо- ны хæтæл æрывæрын.куы бантыс- тис, уæд дуармæ йæхи бæргæ ап- пæрста, фæлæ Гургенæн йæ кой дæр нал уыдис. — Цыдæриддæр мыл а-зæххыл фыдбылызтæ цæуынц, иууылдæр сты мæ бинонтæ æмæ нанайы фæрцы... НАНА, СИБИ ÆМÆ ГУРГЕН +еее
Очерктæ ГРОДНЕВ МИКОЛА Минскы областы М В. Фрунзейы номыл бригадæйы партизантæн иу æмæ дыууæ ’цырты мыййаг пæ сæвæрдтой. Уыдон сты Вилейкæйы районы Новоселскийы хъæуы æмæ горæты типы поселок Ильяйы Немыцаг-фашистон оккупацины рæстæджы фруч- зеонтæ скуынæг кодтой 10 мин гитлеронæй фылдæр, спырх кодтой 114 эшслоны, 312 автомашинæйы. Нæ партизантæ ныддæрæн кодтой знаджы 20 гарнизоны. Чи фæны- майДзæн, цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдон кæронмæ? Бригадæ уыдис интернациопалон. Йæ рæнхъыты белорусæгтæ, уырыссæгтæ æмæ украинæгтимæ фæрсæй-фæрстæм æнæуынон знаджы ныхмæ тох кодтой узбекаг Мумин, хъазахаг Иямудов, ироп Цоциты Уасил, гуырдзиаг К/ьавсадзе Владимир, бельгиаг Ген- рих Блюм, гитлерон вермахты афицер Генрих Раух æмæ æнд. Азæй-азмæ раздæры партизантæ-фрунзеонты нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр Цардæгас ма дзы чи у, уыдон разагътадæртæй сты партизанон бал «Райгуырæн бæс тæйы тыххæйх>-йы штабы хистæр Цоциты Уасил æмæ Фрунзейы номыл бригадæйы къамисар М. В. Черепанов. Æрвылаз дæр 3-æм июлы раздæры хъæбатыр партизан- тæ æрæмбырд вæййынц æмæ сæрыстыр æмæ зæрдæрыстæй ссарынц сæ зынгхуыст хæс- тон æмбæлтты рухс нæмттæ. ФÆСТАГ ЗАРÆГ Минскмæ æввахс, Лускаво, Го- товино æмæ Буцевичийы хъæуты нс цыппар номы цырты — узбекаг Мумин, хъазахаг Иямудов, белы- гиаг Блюм æмæ немыцаг Раухæн. Цалдæр азы размæ Минскы Цо- циты Исмаилы фырт Уасилы (йæ сусæг фæсномыг Рябушка Валодя) фатермæ æнæнхъæлæджы фæзын- 4. Журн. «Фидиуæг» № 12. дысты дыууæйæ. Сæ иуы дзы Уасил рагæй зыдта, иннæ йын йæхи ба- цамыдта, æз дæн, зæгъгæ, Генрих Раух, хурныгуылæйнаг Германы горæт Дюссельдорфæй. Æрцыдис, цæмæй белоруссаг партизантæй ба- зыдтаид, хæсты дуджы йæ фыд Ка- зековойы хъæуы цур цы ’гъдауæй фæмард, уый. I ...Цоциты Уасил Стыр Фыды- бæстæйон хæсты размæ каст фæ- цис 26 бакуйаг къамисары н^мыл Тбилисы фистæгæфсæддон ахуыр- гæнæндон. Уый фæстæ службæ код- та Минскы Самарайы дивизийы полчытæй сæ иуы. Хайад иста Хур- ныгуылæн Белоруссийы ссæрибар кæныны стæры, Урс финæгты ных- мæ хæсты. Стыр ’Фыдыбæстæйон хæст æй æрæййæфта Каунасы го- рæты цур Расиняйы хъæуы. Уым 1941 азы июлы кæрон фашистон тыхæйисджыты ныхмæ карз тохы фæцис уæззау цæф. Уыцы аз декабры Цоциты Уасил ацыдис Готовино>чы хъæумæ, йе ’мкъайы фыдыфсымæры чызг Ря- бушка Аннæмæ, цæмæй базыдтаид, йæ цардæмбал Мария æмæ йæ чы- сыл чызг Дианæ кæдæм ацыдысты, уый. Фæлæ Аннæ уыдон тыххæй æп- пындæр ницы зыдта. 49
Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдта Уасилы дæластæрдон куыст. Минс- кы æфсæнвæндагон вокзалы æрвыл- бон дæр фенæн уыдис ныллæггомау сцулагъз, ’сынты базыры .хуызæн сæры хъуынтæ кæмæн уыднс, ахæм мызыхъарæзт лæппу-лæгæн. Уый даргъ хъæдын уисойæ марзта вок- за.лы перрон. р»ябушка Владимир Исмаилы фырт—афтæ йæ хуыд- той гитлеронтæ. Æрмæстдæр мах адæмæй иу-цалдæрæй зыдтой Уа- силы æцæг ном æмæ мыггаг. Фа- шисттæн ’сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, ахæм саоыр, мадзура æмæ коммæгæс адæймаг искуы вокзалы къултыл, æввахс уышты листовкæтæ æмæ белорусаг газет «Звезда» баныхæстаид, ахæм хъуы- ды. Ахæм хæс та йын йе ’вджид бакодтой минскаг дæластæрдонтæ. Фæстæдæр-иу дзы фæзындис ава- ритæ. Уыдон иууылдæр уыдысты Цоциты Уасилы къухæй. Уый æн- гом бастдзинад сарæзта партизан- ты бал «Райгуырæн бæстæйы тых- хæй»-имæ, æххæст сын кодта сæ .^æстон хæслæвæрдтæ. Фæстцгмæ Уасилы чидæр немыцæгтæм баны- мыгъта. Уый дæр æмæхсæвæджы йæхи айста партизанты бал «Рай- гуырæн бæстæйы тыххæй»-мæ. Фыц- цаг бонæй фæстæмæ йæхи равдыс- та ныфсхаст, хъæбатыр æмæ арæхст- джын хæстонæй. Фашисттæн Раев- кæйы хъæуы цы гарнизон уыд, уы- мæн æнцой нæ лæвæрдта. Уыцы гарнизон та лæууыдис сосæвæндаг Красное—Ильямæ æввахс. Æрвыл- бон дæр фашисттæй Цоцигы Уа- сил йæ снайперон впнтовкæйæ куы- нæг кодта дыууæ, æртæйы. Иуæхсæв Уасил йæ хæстон æмбæлттæ: уз- бекаг Мумин, хъазахаг Иямудов, уырыссаг Левцов, белорусаг Ва- силь Чайка æмæ гуырдзиаг Къав- садзе Владимирнмæ араст сты Раевкæмæ. Уым спырх кодтой æмæ басыгътой фашистты картонцæт- тæгæнæн фабрикæ. Уый фæстæ гит- леронтæ бирæ фæцархайдтой уы- цы фабрикæ сæндидзын кæныныл, фæлæ сæ фæндæй ницыуал рауад... ...Æппынфæстаг, Уасил фæфип- пайдта: йæхи тыххæй цас фылдæр дзырдта, уыйбæрц йæхимндæг тых- сын райдыдта Генрих, цы гæнæн уыд, уымæй йæ тагъддæр фæндыд йæ зынгхуыст фыды тыххæн ногæй исты базонын. — Тыхсгæ ма кæн, дæ фыд Ген- рихы тыххæй нырма бирæ дзур- дзыстæм, — ныфсæвæрæгау ын загъ- та Цоцийы фырт. Дыккаг бон сæумæрайсом Уа- спл йæ автомашинæ скусын кодта, йæ фарсмæ Генрих бабадтис æмæ араст сты сæ фæндагыл. — Логойскы фалейæ, Плещани- цийы хъæумæ æввахс, — райдыдта дзурын Уасил,—ис иу цырт. Уыцы цырты бын ныгæд сты нæ парти- занон балы хъæбатыр хæстонтæй бирæтæ. Белорусаг, уырыссаг æмæ украинæпимæ иумæ уым, æфсымæ- рон ингæны, хуыссы бельгиаг Ген- рих Блюм—брюсселаг кусæг, ис- пайнаг фашистты ныхмæ тохгæнæг, интернационалон брпгадæйы хæс- тон, æцæг антифашист, нæ балы иомдзыд партизан. Генрих Блюм нæ партизанты балмæ æрбацыдис йæхи фæндон- æй. Цахæмфæнды зын уавæры дæр ма бахаудаид, уæддæр уыдис хъæл- дзæг æмæ ныфсхаст. Уарзта худæг ныхæстæ, уæлдай тынгдæр та хæс- тон зарджытæ. Тохты æхсæн улæф- ты рæстæджы-иу зарыДис йæ уар- зон зарæг «Бандера роха» (испай- наг антифашистты зарæг «Сырх тырыса»). Арæх-иу сфæлхатт код- та зындгонд советон уырыссаг поэт Алексей Сурковы æмдзæвгæйы рæн- хъытæ: А если б^дет суждено На баррикадах пасть, В какой стране — мпе все равио, За нашу б юлько власть’ Уый фæстæ Уасил Генрихæн феьык кодта хъарм зымæгон уы- рыссаг æрмкъухтæ. Радзырдта йын, мин фарастсæдæ цыппор æртыккæ- гæм азы Минскы областы зымæг тынг карз кæй уыдис, уый тыххæй. — Сосæвæндаг митхъæпæнтæй асыгъдæг кæныны тыххæй гитле- ронтæ белорусаг хъæутæй ракод- той сылгоймæгтæ, сабитæ æмæ зæ- рæдты. Куыстой сæумæрайсомæй изæрдалыигтæм. Рябушка Аннæ немыцаг обер-лейтенантæн уыцы богнты .бахуыдта уырыссаг хъарм æрмкъухтæ (уыцы обер-лейтенант- иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрбацы- дис Ачнæмæ, хорз базонгæ сты). Раст уыцы рæстæджы Цоциты Уа- сплæн партизанты командакæны- 50
над бахæс кодта, куыдфæндыйæ дæр уыцы немыцаг афицеры æрцахсын æмæ йæ удæгасæй нæ партизантæм ракæнын, кæд ма Аннæ Рябушкæ- мæ фæзына, уæд. Æмæ йын бель- гиаг Генрих Блюмы æххуысæй йæ хотыхтæ æриста. Æрбакодтой йæ нæ партизантæм. Уыцы обер-лей- тенант, фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй разынд Генрих Раух, Уа- силмæ цы Генрих Раух æрбацыд, уый фыд. Обер-лейтенант уайтагъд пар- тизанты балмæ радта рацийы ба- тарейтæ æмæ бынтон сусæг зонæн- тæ. Уый Уасилæй ракуырдта, цæ- мæй йæ тагъддæр партизанты бри- гадæйы штабмæ бакодтаид. Æмæ йæ уый дæр бригадæйы къамисар Черепанов Василийы къухмæ рад- та. Генрих къамисарæн радзырдта, уыцы рæстæджы I итлеры ставкæ кæм уыдис, уый. Радта йæм, Мо- лодечноиæ Минскмæ немыцæгтæн зæххы бынты цы телефоны хахх цыдис, уый схемæ. Фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы телефо- ны тел цыдис Хурскæсæн Прусси- йæ Минскыл суанг фронты раззаг хахмæ. Обер-лейтенант Черепановæн загъта, ома немыцаг гарнизонмæ нал ацæудзынæн. Партизанты къа- мисар арф хъуыдыты аныгъуылд. Цыма йыл цасдæр бæрцæй дызæр- дыг дæр кодта. Обер-лейтенант ын йæ хъуыды фæфиппайдта. Йе ’фсæд- дон мундир раласта, йæ астæрд ын кардæй ралыг кодта æмæ дзы слас- та сырх зæлдаг лентæ. Къухы фа- нары рухсмæ йын æй фенын код- та. Фыст ыл уыдис: «Генрих Раух— Германы Коммунистон партийы уæнг». — Партизанты балмæ йæ нæ рай- стой, — дарддæр йæ ныхас кодта Цоциты Уасил. — Мах хъуыдис не- мыцаг гарнизоны нæхи æууæнк- джын^ адæймаг. Æмæ Генрих Раух дæр фæстæмæ йæ гарнизонмæ аз- дæхт. Бирæ сусæг зонæнтæ нын- фе- хъусын кодта. Нæ партизантæн радта, йæхæдæг йæхи къухтæй ми- нæтæ цы хидты бынты базæрдта, уыдон схемæтæ æмæ-иу сæ нæ пар- тизантæ уадидæгæн спырх кодтой. Фашисттæ-иу дисы бахаудтой. Кæ- цæй æмæ сын чи фæдæтты сæ су- сæгдзинæдтæ партизантæм? Иуахæмы та Генрих Раух пар- тизанты бригадæйы штабмæ фе- хъусын кодта, зæгъгæ, ахæм æмæ ахæм хъæуты фашистон æфхæрæг къорд кæны басудзыны æмæ адæмы скуынæг кæныны фæнд. Нæ пар- тизантæ уыцы хъæуты адæмы ба- фæдзæхстой, цæмæй сæхи хъæдты бааууон кодтаиккой. Уый фæстæ фашисттæ æрхъула кодтой Буце- вичийы хъæуыл, фæлæ дзы цъиуы- змæлæг дæр нал уыдис. Стæй та судзын райдыдтой Лусковойы хъæ- уы, фæлæ та уым дæр адæмæй ни- чиуал уыд. Афтæ Готовинойы хъæ- уы дæр иу адæймаг нал баззад. Сыгъдысты æмæ сыгъдысты афтид хæдзæрттæ. Гъе, уый бæрц адæмы фервæзын кодта дæ фыд æнæн- хъæлæджы мæлæтæй. Цом æмæ Готовинойы хъæумæ ацæуæм. Уым æппæт дæр кæронмæ бæстонæй ба- зондзынæ. Готовйнойы хъæуы Генрих Ра- ухæн Рябушка Аннæ Романы чызг радзырдта: — Генрих хорз адæймаг уыдис. Уый куынæ уыдаид, уæд Буцевичи- йы, Лусково æмæ Готовинойæ иу адæймаг дæр удæгас нал баззадаид, фашисттæ сæ бындзагъд фæкод- таиккой. Фæлæ йыл уыцы æнамон- ды хабар цы ’гъдауæй æрцыд, уый диссаг у. Мах Казековойы хъæумæ куы бацыдыстæм, уæд немыцæгтæ фæстæмæ алæууыдысты. Тарстыс- стæм, миййаг та нæм фашисттæ куы фæзыной æмæ нæ цъыбыртты сыгъд куы бакæной æд хæдзæрт- тæ. Казековомæ æнæнхъæлæджы фæзындис Генрих. Æз æм хъуамæ сусæгæй цыдæртæ раттаин. Уый уыдис 1944 азы июлы фыццаг бон- ты. Тæккæ уыцы рæстæджы Сове- тон Æфсад Минск ссæрибар код- той. Фашистон æфхæрджытæ семæ Казековомæ æрбахастой цахæмдæр сау мундир æмæ йæ, сæхицæй æп- пæлгæйæ, адæмæн уынын кодтой, дзырдтой, зæгъгæ, уыцы саулагъз ироны амардтам. Мæнæ, гъе, йæ сау мундир. — Маргæ та уæд акодтой опера- тивон хъуыддæгты фæдыл ме ’ххуыс- гæнæджы, капитан Иямудовы. Пар- тизанты балмæ уый цыдис бынтон æндæр фæндагыл, фашисттæ йæ размæ бабадтысты æмæ йæ амард- той. Афтæ фенхъæлдтсй, цыма уый æз уыдтæн, — йæ ныхас балхынцъ кодта Цоциты Уасил. 51
— Генрих мæм фæдисы уад æрба- кодта æмæ мын загъта: «Володяйы фашисттæ ’амардтой», — дарддæр кодта йæ ныхас Рябушка Аннæ, йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ хъарм цæссыгтæ сæрфгæйæ, — Дзырдта мын, зæгъгæ, йын йæ сау мундир мæхи цæстæй федтон. Ныккуыдта, Володяйы амардтой, зæгъгæ. Цы, дам, бакæнон ныр? Мæн ничиуал зоны амы адæмæй. Æрмæст ма мæ Цоциты Уасил зыдта, зæгъгæ. Æз ын загътон: «Бамбæхсдзы- нæн дæ, æмæ махуæттæ ардæм куы ’рбацæуой, уæд сын дæу тых- хæй æппæт дæр бæстонæй радзур- дзынæн». Æмæ дын уайтагъд нæ танкæтæ ам куы февзæриккой. Ген-_ рих мæм бахатыд, цæмæй йын мæ сырх сæрбæттæн раттаин. Уый йæ йæ сæрмæ айтыхта æмæ мах иумæ атындзыдтам советон таикæты раз- мæ. Уый зарыдис йæ уарзон зарæг. «Бандера роха». Йæ формæ куы раластаид, уæд ма, чизоны, мæлæ- тæй фервæзтаид, фæлæ... Мах аз- гъордтам, Казековойы цур цы со- сæвæндаг уыд, уырдæм. Нæ фæфип- пайдтам æрмæст, къуыппыл, тулдз- бæласы аууон, фашисттæ ку’ыд æрæмбæхстысты, уый. Æмæ дын Генрихы æхсын куы райдаиккой, фæстейæ, чъылдымæрдыгæй. Фыц- цаг æхст, дыккаг, æртыккаг! . Мæ цæсты раз фæмард ис. — Чизоны æмæ уый уыд, гæ- кæн ис æмæ уый уыд, — сдзырдта уазæг. Аннæ Романы чызг æмæ йын Цоциты Уасил йæ цæсгомыл фæфиппайдтой дызæрдыджы ны- сæнттæ. — Чизоны æмæ, æцæгдæр, дæ фыд нæ уыд, — æдыхстæй загъта Аннæ Романы чызг. Ракæ-бакæ нæ кæндзыстæм. Мæнæ дын ныртæк- кæ Генрихы къам фенын кæндзы- нæн. Йæ документтæ та йын уæд æз радтон нæ танкисттæм. Ацы къам та мæхицæн ныууагътон, уадз æмæ мæм, зæгъын, йæ ном мысы- ны тыххæй баззайа... Иу минут мæм фæгæдзæ кæн, ныртæккæ дæм уыцы къам æрбахæсдзынæн. Генрих уыцы къаммæ куы ба= каст, уæд йæ цæсгом афæлурс, йæ былтæ барызтысты... фæстаг ми- нуты онг уый Цоциты Уасил æмæ Аннæ Романы чызджы ныхæстыл дызæрдыг кодта. Ныр æй æппæт дæр бауырныдта... — Кæд уый дæ фыд у, уæд ын йæ къам уæхимæ ахæсс,— бахатыд æм Аннæ Романы чызг. — Стыр бузныг дын зæгъын, — зæрдæхæларæй йæм бакаст фырт Генрих. Ахæм къам дзы махмæ нæй. — Мах коммунист-антифашист Генрих Раухы баныгæдтам сове- тон салдæттимæ иумæ, иу æфсы- мæрон ингæны, — йæ ныхас бал- хынцъ кодта Уасил. ...Генрих ма бирæ фæлæууыд, йæ фыд удхæссæг фашистты нæ- мыгæй кæм фæмард, уыцы бынаты. Бæрæг нæ уыд æрмæст, уыцы рæс- тæджы йæ зæрдæйы цахæм са- гъæс уыд æмæ йæхимидæг цæуыл хъуыды кодта. Бæрæг уыд æрмæст- дæр уый, æмæ Минскмæ фæстæмæ куы здæхти, уæд Генрих йæ сæрæй хæрз ныллæг акуывта зæххæн, йæ фыд йæ цард нывондæн кæмæн æрхаста, нæ уыцы советон зæххæн. т^9>Щ^рК
Критикæ æмæ публицистикæ ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР ФÆСТÆМÆ АКÆСГÆЙÆ..Г Неописанное время просто не уходит. (Дюла Ийеш) II 50-æм азты райдиан ирон литературæйы классикон бынты алыварс вульгаризаторсн быцæутæ ногæй кæй скарз сты, уымæн бæ- рæг бæрцæй ахъазгæнæг фæци Сталины куыст æвзагзонынады фæдыл. Уый адыл карз критикæгонд цыдысты Абайты Вассо- йы куыст «Ирон адæмы равзæрд æмæ йæ культурон ивгъуыд æвзаджы бæрæггæнæн- тæм гæсгæ», Скитскийы чиныг — «Ирон адæмы историйы очерктæ», цыма, уым æр- уагъдæуыд «буржуазон-националистон зы- гъуыммæдзинæдтæ». Нарты эпос сфæлди- сæг ирон адæм кæй сты, Вассойы уыцы хъуыдыйы ныхмæ самадтой тох. Ацы æмæ ма ноджы æндæр фарстытæ дæр сæйраг дзуринаг систы Ирыстоны советон фысджыты иумæйаг æмбырды. Уым сид- тысты уымæ, цæмæй кæрсн æрцыдаид Абайты Вассойы маррон рæдыдтытæн, зæгъгæ, «иуæй-иу фысджытæ нæ дугыл фыссыны бæсты зарынц зæронд дугыл»1. Иу дзырдæй, фæлхаттгонд цыдысты 20—30-æм азты раппон-вульгарон фаутæ аивадон уац- мысты тыххæй. Алыхатт куыд вæййы ахæм рæстæджы, афтæ ныр дæр, фæзындысты, уæдмæ фæс- аууæтты чи уыд æмæ йæхи æмбæхсæгау чи кодта, уыцы негативон фысджытæ æмæ, размæ ралæугæ, сæ риутæ хойгæ, сæхицæй аразинаг уыдысты рæстдзинад æмæ æцæг- дзинады сæрыл нæрæмон сæрхъызойтæ. Цырддзаст æмæ хъуыддаггъуызæй кæмдæр- иддæр æмæ цæмæдæриддæр зæрдæхсайгæ каст ныккодтой, агуырдтой рæдыдтытæ, хъæнтæ æмæ хъуагдзинæдтæ. Уыдон æххæстæй райстой дыууынæм-æр- тынæм азты вульгарон социологты хæцæн- гарз, куыд метод, афтæ, иуæй-иу хъуыд- дæгты йæ фæкарздæр кæнгæйæ, сæ анти- аивадон, антигуманон ахаст сцыргъ æмæ сбæгънæг кæнгæйæ. Кæд æмæ хистæр рап- пон-напостовонтæ ивгъуыд культурон бын- тæ фаугæ æмæ сæ нырыккондзинады науæй аеддæмæ схойгæйæ, сæ уд хъардтой ног пролетарон, сæрмагонд аивад саразыныл. зæронд æмæ ноджы ’хсæн тохы уыдтой сæ Царды мидис, уæд адонæн та хуымæтæгдæр Уыд сæ дæрæн кæныны хин: цы хæлдтой æмæ цы мам кодтой, уый бæсты ницы æвдыстой, ницы сæм уыд сæхицæй зæгъи- наг æмæ аразинаг. Хуыздæрæй цы уыд нæ дзырдаивады, æппæт уыдоныл, сæ цæст не ’рныкъуылгæйæ, фыстой буржуазон на- ционализм æмæ йæ къæхты бынмæ æп- пæрстой. «Ирон советон литературæйы историйы очерк»-ы Ардасенты Хадзыбатыры уац, «Ирон литературæ хæсты фæстæ азты (1945—1956)», зæгъгæ, уым ахæм критик- тæй нымайы: Джыккайты Аннæ, Л. Ери- хонов, Джиоты Хазби æмæ æнд. нæмттæ Ацы æртæ номы æмæ иннæтæ мыхуыры критичы ролы, зæгъæн ис, фæзындысты иу рæстæджы, уыимæ иумæ уыдысты æмхъуы- дыгæнджытæ, æмархайджытæ. Æндæр æмæ æндæр æмвæзадтыл сын уыд ноджы æм- бæлттæ. Джыккайты Аннæ — æртæ кри- тичы сæр, уыд газет «Æрыгон болыне- вик»-ы редактор. Уымæ гæсгæ уыцы газет сси сæ тохы сæйраг артдзæст, «Социалис- тическая Осетия» газеты дæр-иу фæзын- дысты. Æппæты разæй æнæрцæф критиктæ сæ кæрдтæ сцыргъ кодтой Мамсыраты Те- мырболаты поэзимæ æмæ Брытъиаты Ел- быздыхъойы драмæ «Хазби»-мæ, уыдон ныхмæ сын уыд хуыздæр фадæттæ, уымæн æмæ уыдон нæмттыл къæм абадт 1951 азы 14 ноябры «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд уацы—«Ирыстоны истори æвдисыны хъуыд- даджы иуæй-иу гуымиры рæдыдтыты тых- хæй», зæгъгæ. Уый æппæты разæй бакод- та Хъайтыхъты Михал газет «Соц. Осе- тия»-йы, дуртæ Ирон историон-филологон æхсæнады цæхæрадонмæ æппаргæйæ, ома, «спустя двадцать лет после его смерти; буржуазно-националистическые подонки отводят ему место «первого поэта». Йе ’мдзæвгæтæ йын рахуыдта хъæстæ дины фанатизмæй, мистицизмæй, суанг ма сæ ссардта «реваншистон идеологи æмæ Кав- каз бацахсыны план дæр»2, иппæрд, дам, уыд йæ адæмы сагъæстæй, йе сфæлдыстады «æвдыста туркаг æфхæрæг феодалты ин- терестæ». Темырболаты цы мотивтæм гæсгæ азым кодта, уый критик бафиппайдта Гæдиаты Цомахъы уацы дæр — «Мамсыраты Те- * Кæрон. Райдайæн кæс «Фидиуæджы» № 11 1 Журн. «Мах дуг», 1952, № 5, 44 ф. 2 Газ. «Соц. Осетия», 1951, № 189, 25 сентября. 53
мырболат — фыццаг ирон поэт», цыма Цо- махъ йæ зæрдæйы хуыздæр бынат лæ- вæрдта Туркæн, Уæрæсеимæ Ирыстоны ба- иуæн цы прогрессивон нысаниуæг уыд, уый та бынтондæр не ’мбæрста. Бæлвырд уыд Михалы идеологон тенденпи: цыфæндычæ дæр Цомахъы фæазымджын кæнын, уый тыххæй хъуыды дæр нæ акодта иры Турк- мæ лыгъды рæстæджы Уæрæсейы импери- йы политикон уавæрыл, чыгыл адæмтимæ ахасты хæдхæцæг паддзахы колонизаторон политикæйыл, нæ ахъуыды кодта, Цомахъ стыр ахуыргонд, ленинон гвардийы рево- люционер кæй уыд, æмæ ахæм фарстыты кæй нæ фæрæдыдаид, ууыл дæр. Михалы уацæй бон фæстæдæр «Æрыгон болыпевик»-ы критикон уаиимæ ралæууыд Л Ерихонов. Уый уыд бацамынд газеты активон литературон критик. Ирыстонмæ кæцæйдæр æрæфтыд æмæ ам мыхуыры нæ- хицæн ссардта хæларзæрдæ фысымтæ, сæй- раджыдæр, Джыккайты Аннæйы ху’ызы. Ерихонов нæ уыд, йæ уаиты тыххæй бæрн- дзинад чи хаста, уыдонæй. Ирон культурæ йæн æцæгæлсн уæвгæйæ, зивæг нæ кодта нæ литературæйы тыххæй барджын ныхас- мæ, не стырдæр фысджыты тыххæй йæ гæрхон хæссынмæ. Хицауы хуыз æвдис- гæйæ-иу фæкодта- «наша литература», фæ- лæ иронау нæдæр кæсгæ кодта, нæдæр фысгæ. Афтæмæй цыбыр æмгъуыдмæ уы- наффæгæнæг сси. Темырболаты тыххæй йæ уац уый рай- дыдта Цомахъы азым кæнынæй, ома уый Темырболаты тыххæй кæй ныффыста, уы- мæй стыр зиан æрхаста ирон литера- турæйæн. Темырболаты сфæлдыстад та æвæрдта дыкъæдзгуыты," ома цæй сфæл- дыстад. Ирыстоны скъолаты йæ кæй ахуыр кодтой, уый нымадта рæдыд хъуыддагыл. Стыр хардзау æм фæкаст, Тъотъоты Михал дзы «Кавказы хæхты æнæкæрон сагъæс, катай æмæ масты поэт, йæ райгуыоæн бæс- тæйы патриот» кæй загъта, уый, æмæ ба- фиппайдта- «Мамсуров является типичным представителем националистической рсак- ции». Иæ поэзи йын рахуыдта, адæмæн æмæ æгас бæстæйæн фыдбылызы хос Илс- йон-политикон æгъдауæй йæ зианхæссæгнл куы банымадта, уæд ма йын баззад аивады ’рдыгæй дæр æн ныддæлдзиныг кæнын «Трудно назвать стихотворения Мамсурова литературными произведсниями Это прозаи- ческие фразы, организованныс в строфы, лишенные ритма, рифмы, обоазности. Тако- ва их антихудожествснная сЬорма.» Ирон литературæ æмæ ирон фысджытæп йæхи хæддзуйæ тæрхонгæнæг скæнгæйæ, Ерихонов куыд дарддæр æмæ арфдæр цыд, афтæ бæлвырддæр кодтой нæ антизонадон, великодержавон ахастытæ Уыцы газеты 28 сентябры Хетæгкаты Къостайы уацмьтсты дыккаг томы тыххæй цы уац ныммыхуыр кодта, уым та разы нæ уыд, ивгъуыд æну- еы Уæрæсейы 80—90-æм азты æрхæндæг заман уыд, чи дзырдта, уыдонимæ, нæдæр дзы декаданс уыд. Бынтон хардзау та йæм фæкаст, Къостайы пьесæ «Дуня» Чсрны- шевскийы роман «Цы чындæуа»-имæ кæй барстой. уый, ома кæм Чернышевский æмæ кæм — Къоста Епхиты Тæтæри Къостайы æртæтомоны 1 «Æрыгон больщевик», 1952, 16 март. разныхасы ирон литературæйы бындурæвæ- рæджы ученикы хуызæнæй кæй нæ равдыс- та уырыссаг классиктæн, фæлæ сæрмагонд хъуыдыгæнæг æмæ нывгæнæгæй, уый дæр ын банымадта хæрам ныхасыл. Афтæ по- эты ахаст национ-сæрибаргæнæг змæлдмæ дæр: критик, национ-сæрибаргæнæг змæл- ды фарс чи уыд, уыдон нымадта национа- листытыл æмæ национ-сæрибаргæнæг змæлд та — уырысы ныхмæ тохыл, хæдхæцæг пад- дзахы колонизаторон политикæйы ныхмæ нæ, фæлæ Уырысы ныхмæ. Афтæ арæзт уыд Ерихоновы критикæйы великодержа- воп политикон ориентаци. Критикты триадæйы сæр Джыккайты Аннæ цы газет редакци кодта, сæйраджы- дæр уый руаджы парахатгонд цыд ирон адæмы ивгъуыд культурон бынтæм ниги- листон зондахаст. Уыцы нымæцы йæхæдæг дæр уыд цалдæр хъæбæр æвзагæй фыст уацы автор. Сæ фыццагдæр, Ирон истори- он-филологон æхсæнад æмæ Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстадæн цæхгæр æп- пæрццаг аргъ кæм кæны. уый — «Амери- кæйаг-англисаг империалисттæ— адæмы цыфыддæр знæгтæ»1. Иæ размæ Хъайтыхъы фырт æмæ Ери- хонов пы фыстой, уьтдон ’хъауджы Джык- киан фылдæр æмæ карздæр загъта Ирон историон-филологон æхсæнады архайджы- ты тыххæй Ауагъта ахæм тауыс, пыма Æлборты Барысби, Хъаныхъуаты Ина- лыхъ æмæ иннæтæ сусæг фæндтæ кодтой туркаг министр Къуындыхаты Муссæй’ы’ сЬьшт Бечыримæ. Уыйхыгъд, дам, сын уый та балæвар кодта Мамсыраты Те- мырболаты реакцион уацмыстæ . Рахуьтд- та йæ туркаг агент. Фæлæ уæд Бечыр хъуамæ цардаид Ирыстоны, кæннод ын агент рахонæн куыд уыд. Уыдис, дам, ир æмæ уырысы цыфыддæр знаг, хæцыд уы- рысы ныхмæ Турчы ’фсады рæнхъыты Фæ- лæ уый дæр уыд мæнг, Темырболат, Турк- мæ алидзгæйæ, æфсады службæ ныууагъ- та. Иæ уапмыст^ йьтн рахуыдта уырыссаг адæмы ныхмæ æнæуынондзинадæй се ’мы- дзаг сфæлдыстад Адæмьт ныхмæ, дам, тыд- та панисламизм æмæ пантюркизм. Адон ноджы карздæр хуызы фæлхатгонд æр- цыдысты, Тотраты Бесæйы мысинæгтьгчи- ньтпжы тыххæй журнал «Театр»-ы (1953, №2) цы уац ныммыхуыр кодта, уым, «Против пропаганды буржуазнс ^с национализма», зæгъгæ. Ирьтстонæй ацæугæйæ, Джыккиан уæп; дæр йæхи не схицæн кодта Ирыстонæй, æрымысыдис та-иу æй центрон мыхуыры. Йæ иу ахæм æфхæрæн уацы амæттаг баци Цуциты Барисы чиныг «Очерк экономи- ческого и культурного развития Северо- Осетинской АССР» Ам дæо автопьт сæй< раг аргъгæнæн амал V Ирыстоны ног вульгарон социологты фæлтæрд хæцæн- гарз — буржуазон наиионализмæ*" я^т-т** кæнын. Уæлдай стырдæр цæфтæ дзы сæм- бæлд Брытъиаты Елбыздыхъойыл, æры- мьтсыд ^ыл цыуæззаудæр фыдракæндтæ Мæнæ, гъе, ирон драматургн æмæ теат- ты бындурæвæрæг, æхсидгæ зæрдæ ре- волюционер Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй цьт фыста, уый: «Кто такой Ел- 54
быздыхъо Бритаев, которого автор поста- вил рядом с осетинским классиком Кос- та Хетагуровым? Елбыздыхъо Бритаев реакционный буржуазный драматург, воинс- твующий идеолог буржуазного национа- лизма. Произведения Бритаева пропитаны ядом национализма, ненавистью к русско- му народу, ко всему русскому. Бритаев враждебно встретил Великую Октябрьс- кую революцию и стал рупором горской контрреволюции, пытавшейся предать Северный Кавказ иностранным захватчи- кам.. » Раст зæгъгæйæ, йæ критикты ’рдыгæй йыл ахæм фыдæфхæрд, дыууынæм азты кæрон — æртынæм азты раидиаиы, рап- пон вульгаризатортæ йæ сæ арцыты цъуп- пытыл сисынмæ куы хъавыдысты, уæд дæр не сæмбæлд. Зæгъын хъæуы критикты триадæйы æр- тыккаджы тыххæй дæр — Джиоты Хаз- би. Уый у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нрон поэтты фæлтæрæй, литературон кри- тикæйы дæр активонæй фæлвæрдта йæ тыхтæ, вульгарон-социологон крчтикæ^ы типон минæвар йæ иууыл агрессивондæр хуызы. Критикæ кæнгæйæ, уымæн дæр йæ сæйраг козыр уыд буржуазон нациопа- лизм. Априорон, схоластикон — ахæм уыд йæ критикон мадзал, идейон-полнтикон компрометаци — йæ нысан. Ацы æууæл- гæ тынгдæр фæбæрæг сты йæ ахæм уа ’- ты «Гæдиаты Цомахъы драмæ «Ос-Бæ- гъатыр»-ы тыххæй»1, «Литературон уац- мысы социалон мидис æмæ национ харак- тер»,2 «Ошибки повторяются вновь»3 æмæ æнд. Хазби аивадон фæлгонц уыдта дунеимæ йе ’ппæт адæймагон вазыгджын ахастыты нæ, фæлæ схемæйы хуызы. Уыцы схемæ нæ быхста, адæймаг æнусты дæргъы цы фæтктæ, æгъдæуттæ, гæччытæ æмæ æндæр хæрзæгъдаудзинады нормæтимæ, цард, на- цион хæдхуыз æмæ йын сæрмагонддзинад цыдæриддæр лæвæрдта, уыдон. Фыссæг, дам, уыдон куы уына æмæ æвдиса, уæд нæ уыдзæн социалистон литературæйы ми- нæвар, фæлæ националистон цæстæнг^гтæ пропагандæгæнæг. Адæймаг æнæ ивгъуыд, æнæ национ хуыз æмæ фæлтæрддзинад, ахæмæй уыдта критик нырыккон хъайта- ры: «Воспевание таких «национальных осо- бенностей» во имя создания национального колорита в художественном произведе- нии всегда ведет к пропаганде националис- тических взглядов.»4 Ахæм национ миниу- джытæй бафаудта Плиты Грисы легендæ «Иунæджы кадæг». Истори æмæ историзмы æнкъарынад, рæстæг æмæ аивадон характерты кæрæ- дзийыл диалектикон бастдзинад кæрæй- кæронмæ хæлынц Цомахъы драмæ «Ос- Бæгъатыр»-ы тыххæй фыст уацы дæр’ «Пьесæ у, историон рæстад зыгъуыммæ чи æвдисы æмæ буржуазон-националистон идеологи чи хæлиу кæны, ахæм уацмыс . уымæ гæсгæ хъуамæ ист æрцæуа скъола- ты ахуыргæнæн программттэеп» Зæгъын хъæуы уый, æмæ адон уыдыс- ты цæттæ фразæтæ. Иæ уац фыссыны рæс- ’ Газ. «Рæстдзинад», 1952, 25 июль. 2 3 Газ. «Соц. Осетия», 1954, 23 апрель, 4 тæджы, репрессигонд чи æрцыд, уыцы фыссæджы уынгæг уавæрæй пайда кæн- гæйæ, комкоммæ рафыста кæйдæр ныхæс- тæ, раст сты æви нæ, ууыл та хъуыды дæр нæ акодта. Сæйраг ын уыд райст- бавæрд клише — буржуазон-националистон дзы кæй федта, уый. Рæстдзинад æмæ æцæгдзинад зыгъуым- мæгæнæг позицитæй фыст сты пединститу- ты студенттæ æмæ скъолаты ахуырдзау- тæн Ардасенты Хадзыбатыры арæзт ирон литературæйы хрестомати (1947) æмæ Гæззаты А.-йы чиныг «Северная Осетия за 30 лет советской власти»-йы (1949) тыххæй редакцион уацтæ дæр газеттæ «Æрыгон большевик» æмæ «Соц. Осе- тия»-йы. Алыгъдауæй дæр бæрæг куыд у, афтæмæй адон дæр хъуамæ фыст æрцы- даиккой, дзырд кæуыл цæуы, уыцы кри- тикты къухæй, — уæлдæр ракойгонд уац- ты æппæт æууæлтæ дæр бынат ссардтой адоны. Джыккайты Аннæйы газеты редакцион уацы, «Зианхæссæг чиныг ирон литерату- рæйæ», зæгъгæ, Хадшбдтыры азымчын- дæуыд национализмæй, цыма уый зонгæ- зонын нæ равдыста уырыссаг культурæйы хæрзæндæвдад ирон литературæйыл, ирон фысджытæ уырыссаг литературæйы иде- йон æмæ аивадон æндæвдады руаджы кæй рæзыдысты, уый. Ноджы, дам, ирон фыс- джыты адæмы хъуыддагыл æмхуызон иу- зæрдионæй цæмæн равдыста, ома сæ «бур- жуазоп элементтæ» нæуылнæ гЬедта? Нæ. дам, раргом кодта Хъороты Дауыт æмæ Токаты Алиханы политикон рæдыдтытæ, «ницы загъта Кочысаты Розæйы уац «Нæ Иры чызджытæм»-ы цы националистон рæ- дыдтытæ æруагъта, уыдоны тыххæй». Фæ- лæ бæрæг нæ уыд, номхуындæй цавæр на- ционалистон рæдыдтытæ дардтой. сæ зæр- дыл, уый. Уæлдай хъæбæрдæр азымтæ дзы æр- хауд Брытъиаты Елбыздыхъомæ. Идейон рæдыдтытæ федтой æгæрстæмæй драмæ «Дыууæ хойы» æмæ къаннæг ныв «Май- мули — рухсаг, æгас цæуæд ирон театр»-ы. Йæ иннæ уацмыстæ та йын банымадтой «буржуазон-националистон идеологи про- пагр чдæгæнæгыл». Драмæ «'Хазб'и»-йæн аргъ !кæнгæйæ',* редакцион уацы хæдхæцæг паддзахы æф- хæрæг æфсады хонынц уырыссаг адæм æмæ сæ хæдбардзинад хъахъхъæнæг хо- хæгты та — уырыссаг адæмы ныхмæ тох- гæнлжьттæ: «Уьтцьт драмæйы бындурон са- хъат канд уый мидæг нæй, æмæ автор истори кæй сзыгъуыммæ кодта, æлдæрт- ты бунт адæмон змæлды хуызы кæй рав- дьтста сЬ^лæ нотжьт ис уый мидæг. æмæ дзы æппæт ирæттæ æвдыст цæуынц, Уæ- рæсейы æчпæт уырьтссаг хъуыддæгты знæгты хуызьт. «Бынтон æнæмбæрст та дзьт рауад уый, æмæ хъизæмаргæнæг адæмы сæрибардзинады тохыл фыст трагеди «Амран»-ы «антисоветон» уацмысыл кæй банымадта. Ахæм хатдзæгтæ сæйраг хъуыддаглыг- гæнæг мадзал уыдысты Гæззайы фырты з. «Молодой большевик», 1952, 10 август. з, «Молодой болыневик», 1952, 10 август» 55
чиныджы тыххæй фыст уацы дæр, фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ йæ «национа- листон тенденциты» тыххæй кæй исын код- той адæмы ’хсæнæй, цæмæй дзы пайда- гонд мауал цыдаид. Цыппорæм азты кæрон — фæндзайæм азты райдиан ирон литературæйы класси- кон бынтæ куыд иртæст цыдысты, уыдон æвзаргæйæ, мах баистæм нæ литературæ- йы хуыздæр уацмыстæн цæхгæр негати- вон хуызы аргъ кæныны фæзындты æвди- сæн. Æниу фæзындтæ дæр нæ, фæлæ цау- ты æнæхъæн фæлтæр. Æгъатырæй, зна- гиуæггæнæг къухæй æргæвст æмæ дæл- дзиныг цыдысты нæ литературæйы хуыз- дæр уацмыстæ æмæ фысджытæ, фæстæдæр Ирыстоны номдзыддæр фыссæг, ацы ха- бæрттæ йæхæдæг фенæг æмæ бавзарæг Мамсыраты Дæбе зæрдæцъæхæй мысыд- «Не ’ппæт дæр ма куыд хъуыды кæнæм, афтæмæй йæ рæстæджы фæзындис, Джык- кайты Аннæ йæ сæргъыл, афтæмæй нæ «литературон критикæйы» фыдбылызхæс- сæг къорд. Уыцы къорды уыдысты Джио- ты Хазби, Коцты Тотырбег, Дзалаты Маи- сей, Хуыриаты Отарбег æмæ æнд. Уыдон архайдтой нæ литературæйы бæхтæрæджьт бынат бацахсыныл»1. Иттæг раст характе- ристикæ фæндзайæм азты райдиан ирон литературон крнтикæйы уавæрæн æмæ йæ саркалты архайдæн. «Фыдбылызхæссæг критикты къорд» 52-æм азы кæронмæ æр- ныгъуылд. Иæ аххосагыл ын æндæр хъуыд- дæгтимæ иумæ нымайын хъæуы, «къорды» уæнгтæй иуæй-иутæ æндæр рæттæм кæй ацыдысты, уый дæр Фæлæ сæ идейæ цар- ди суанг 1955 азмæ Рæ’стæгæй-рæстæгмæ та-иу сæхи равдыстой, æмæ тас уыд, фæл- тæр кæнын та куы байдыдтаид, уымæй, уымæ гæсгæ фыгджыты онджы мигъ бадт Уымæн ноджыдæр æвдисæн Дæбейы, фæ- дзæхсты ныхæстæ, уæл-дæр дæнцæг цы уа- цæй æрхастон, уырдыгæй, зæгъгæ, «къорд» фæйнæрдæм схъисты пырх ныцци, фæлæ афтæ мачи æнхъæлæд, æмæ ууыл ахицæн хъуыддаг Уыдон ныхъхъус сты рæстæг- мæ æмæ сын фадат куы фæуа. уæд та сæхи равдисдзысты. Ацы фæдзæхсæг дзырдтæ æвдисынц, уыцьт критиктæ цы стыр моралон зиан æрхастой нæ литерату- рæйæн, æнæзæрдæхудтæй йын чи лæггац кодта. уыцы фысджытæн, дзæвгар рæстæ- джы фæстæ дæр æнцой нæ ардтой, сæри- бар нæ уыдысты се сфæлдыстадон куьтсты «фыдбылызхæссæг къорды» тасæй. Стьтр хъыгагæн, нæ литературæйы вульгарон со- циологизмы рецидивтæ сæ гуымирдæр фор- мæты сты уæлейæ исгæ, бынæй — ахадгæ. Рацæуы рæстæг, æмæ та скарз вæййынц Фæлæ ньтрма 52-æм азæй нæ антысдзы- стæм Хъæуы ма æрлæууын иу зындгонд цауыл нæ литературæйы историйы. Фак- тон æгъдауæй уый хттцæн цауыл ньтмаи- наг дæр нæу. Уый у нæ литературæйы хуыздæр уацмыстæ æмæ номдзыддæр фыс- джьтты цъыфты æвдулын æмæ дæрæн кæ- ныны негативон процессы фæстаг рæхыс- цæг, йæ карздæр, бæрзонддæр момент, компанийы эпилог. Дзырд цæуы, 1952 азы 10—12 декабры 1 ЦИЗИИ-йы архив, 55 фонд, 1 сфыст, ирон литературæзонынады фарстыты фæ- дыл Дзæуджыхъæуы цы зонадон конфе- ренци уыд, ууыл Конференцийы доклæд- тæ бакастысты æмæ ныхасы рацыдысты Цæгат Прыстоны зонад-иртасæг институ- ты зонадон кусджытæ, нрон литературæ- йы историиртасджытæ, пединституты лек- ’ тортæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Тæрхон кодтой ирон литерату- рон бынтыл Ног домæнтæм гæсгæ, марк- систон-лснинон эстстикæйы принциптæй архайгæйæ. Растдæр зæгъгæйæ та, уыцы прпнциптæм здæхт цыд иууыл уæлæнгай- дæр хъусдард Сæйраг доклæдтæ дзы уыд æртæ: «Ли- тературон бынтæ’ ахуыр кæныны методо- логон бындуртæ», «Революцийы агъоммæ- йы ирон литературæйы иуæй-иу фарсты- тæ» æмæ «Ныры ирон литературæ æмæ литературон критикæйы уавæр». Фыццаг фарсты фæдыл доклад скодта æмæ конферснцийæн теоретикон разбацæ- уæн сарæзта сæрмагондæй уырдæм, Мæс- куыйæ æрвыст уазæг, филологон зонæдты кандидат И В. Шамориков. Уый æрдзырд- та, фысджыты разлæууæг хæстыл, ныры уырыссаг литературæзонæн æмæ критикæ- йы цы процесстæ цæуы, уыдоныл. Конфе- ренцийы уæвджыты фæдзæхста, цæмæй сæ- хи хизой А. Веселовскийы космополитон ахуырадæй, куыд реакцион æмæ стыр зи- анхæссæг литературæйьь зонадæн. Цыма Веселовский æмæ уый фæдонтæ иппæрд уыдысты царды домæнтæй, литературæйы историйы уьтдтой æрмæстдæр цоппайгæнæг сюжеттæ, фæлгæнцтæ, уырыссаг литерату- рæ нымадтой ницæйагыл, фæзмæгыл. Ра- хызт переверзевонты вульгарон-социологон цæстæнгæстæм, загъта Марры ахуырады тыххæй дæр, куыд марксизм-ленинизмы ныхмæ æвæрд. Шамориков фылдæр дзырдта иумæйа- гæй, æнæконкретонæй, уый конструктиво- ныл нымайгæйæ. Ирон литературæйы тых- хæй та банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны скъуыддзаг нæма æрцыд национ традици- ты проблемæ, æмбæрстгонд нæма у, ирон литературæйы ивгъуыды цы ис прогресси- вонæй æмæ дзы цы ис реакционæй, ирон фысджыты ’хсæн нымадта реакцион идео- логи хæсджытæ, сæ нæмттæ та сын нæ дзырдта. Иудзырдæй, йæ ныхас арæзт уыд уымæ, цæмæй зонадон конференцийы ны- хас здæхт цыдаид ирон фысджыты сфæл- дыстадæн идейон-политикон æгъдауæй аргъ кæнынмæ, классон цæстæнгасæй сæ дих кæнынмæ. Практикон æгъдауæй уый куыд æххæст хъуамæ æрцыдаид, уый адыл ин- ституты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн арæзт хрестоматийæ исын кодта Хъаны- хъуатьт Иналы фæндаггон очерк «Алексан- дрополæй — Арзруммæ», Уьтм дам, равди- сын хъуыд Брытъиаты Елбыздыхъойы стьтр рæдыдтьпæ революцийы рæстæджы. Нæ, дам, æмбæлы, Гæззайы фырт йæ чи- ныджы куыд бакодта, афтæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад пролетарон револю- цийы уадфидиуæг Горькийы сфæлдыста- димæ барьтн, цыма Къоста сомбоны рево- люцион уадтымыгъы кой никуы кодта. Ел~ 45 хъуыд., 14 ф. 56
быздыхъойы «Дыууæ хойы» дунейы дра- тæ нæ, фæлæ скъуыддзæгтæй аргъ кæнын, матургийы хуыздæр уацмыстыл барын нæ хицæн фысджыты дзы уынын, уымæй дæр уагъта, уый, дам, ирон драматургииæн уыдзæн, цы йæм не ’мбæлы, ахæм лæггад Шамориковы раныхасмæ байхъусгæйæ, уыдис æрмæстдæр ахæм хатдзæг скæнæн- ирон фысджытæ æмæ ирон литературæйы историйы фарстытæ иртасджытæ «зы- гъуыммæ кæнынц историон факттæ æмæ цаутæ, барæй æмбæхсынц къорд уацмысы идейон хъæндзинæдтæ.. чнныгкæсæджы дезорганизаци кæнынц » " Мæскуыйаг цытджын уазæджы ахæм амынд хъуамæ бандæвтаид конференцийы куыстыл æмæ афтæ дæр рауад. Иуæй-иу . фиппаинæгтæй фæстæмæ конференци ацыд ирон литературон бынтæ фауын æмæ дæл- дзиныг кæныны лозунджы бын. Ам дæр та сæ фылдæр азым кодтой буржуазон национализмæй, ницы эстетикон зынаргъ- дзинад сæм фиппайдтой. Сæйраг докладыл нымад уыд дыккаг — «Революцийы агъоммæйы ирон литерату- рæйы иуæй-иу фарстытæ» æмæ йæ бакаст Хæдарцæты Азæ. Иттæг хъуаг уыд Азæ- йы доклад зонадон объективондзинадæй, йæ хатдзæгтæ фылдæр уыдысты æнæфæл- гъуыд, цæттæ æцæгдзинæдтæ дзурæгау Темырболаты æмдзæвгæтæн сæ хъуыдыйы тыххæй бафиппайдта, зæгъгæ, сты æнæ- мбæрст, формæйæ та — примитивон, цы историон заманы фыст æрцыдысты, цы трагикон хабарæй рантыстысты цардмæ, уый кой та кæнгæ дæр не скодта. Алгъуы- зы кадæг гуырдзиаг æвзагыл фыст кæй æрцыд, стæй цы хабæрттыл дзуры, уыдон Цæгат Кавказы адæмты историон леген- дæтæй ист кæй сты, сæ идейæ та, дам, бирæ адæмтæ басæттæг æмæ хъалондар- гæнæг паддзах Алгъуызы кад бæрзондмæ æргъæвын кæй у, уымæ гæсгæ йын ирон аив литературæйы уацмыстæм зынтæй ис ахæссæн. Ирон адæмьт раз йæ авторы лæг- гад уыдта æрмæстдæр рухс тауыны куы- сты æмæ иры кæй сабыр кодта, паддза- хæн коммæгæс куыд уыдаиккой, афтæ, уы- цы хъуыддаджы. Дывæрццаг æмæ ныхмæдзыд ахаст уыд йæ хъуыдыйæн Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстады фæдыл дæр. Иæ размæйы иртасджытæ дзы иумæйагæй цы дзырд- той, уый бафидар кодта Азæ дæр. Ома, «Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстад æмба- рын кодтой кæнæ куыд революцион-демо- кратон, афтæ, кæнæ та куыд реакцион, афтæ.. Дыууæ хъуызы элементтæ дæр ис Иналы сфæлдыстады.»! Азæ йæ доклад снывæста ахæм хуызы, æмæ-иу ракодта, уæды онг быцæу цы фыс- джыты^ сфæлдыстады алыварс цыд, уыдо- ны кой, афтæ, æмæ фылдæр хæцыд кæд æи тынг нæ фæндыд, уæддæр азымгæн- джытьт фарс Карзæй кæй нæ критикæ кодтой, уыдон кой нæ кæнын æм хуыз- дæр каст Чизоны, уый йæхирдыгон так- тикæ уыд, фæлæ литературон бынтæн ахæм хуызы, ома цæстгай аргъ кæнын, иæхæдæг уыд сахъат метод, — литерату- рæйæн куыд иууон, æнæхъæн процесс, аф- идеион æгъдауæи хъуагджынтæ æмæ здых- тытæй Уымæ гæсгæ, конференцийы Азæ- йьт доклад дæр, уымæй размæ газеттæ æмæ журналты цы уацтæ сарæх сты, уы- донау уыд вульгарон-социологон критикæ- йы дæнцæг. Ног вульгарон критикæ ныр дæр та уæлдай тынгдæр Брытъиаты Елбыздыхъо- йы кæй æфхæрдта, уый фæбæрæг ацы кон- ференцийы дæр. Хæдарцæты Азæ ма афæ- дзы размæ дæр—1951 азы — Елбызды- хъойы зыдта стыр драматургæй, ирон дра- матургийы бындурæвæрæгæй: «В драма- тургии Бритаева нашли свое широкое от- ражение глубокая народность, реалисти- ческая направленность, острый обличи- тельный характер язьтка, простота и глу- бина мысли.. После Коста Хетагурова из осетинских писателей ни один не достиг такой смелости социального обличения, такой глубины и реальности отображения народной жизни, как Бритаев». «Уæрæсе- дзау»-ы бафиппайдта «Лакейская психо- логия», «Хазби»-йы — «Драма воплощает в себя революционный подъем масс...», «Амран»-ы — «В ярких увлекательных, глу- бокоидейных образах драмы виден зре- лый художник и глубокий мыслитель. В этом произведении разрешается проблема взаимоотношения личного и общественно- го, как неразрывного целого»2. Елбызды- хъо цæмæй фидыдта, цæмæй уьтд стыр нывгæнæг æмæ хъуыдыгæнæг, уыдон объ- ективон æгъдауæй нысангонд æрцыдысты Азæйы уацы. Афæдзы фæстæ Азæны бахъуыд йæ хъуыды аивын, кæнæ та йæм цæхгæр ивын- дзинæдтæ бахæссын, æмæ конференцийы ньтхас кæнгæйæ, загъта: «Фæстаг рæстæ- джы Елбыздыхъойыл фыст уацты драма- тургы сфæлдыстад æмбæрстгонд цæуы куыд «буржуазон-националистон фысты- тæ. » ахæм ныхас æнæбындур нæу.» Уæлдай сахъатджындæрыл банымадта Елбыздыхъойы æхсæнадон архайд фыц- цаг уырыссаг революцийы рæстæджы æмæ уый фæстæ дæр Зындгонд у, Елбыздыхъо фыццаг уырыссаг революцийы рæстæджы активон пропагандист кæй уыд адæмы ’хсæн революцион идейæтæ хæлиу кæны- ны хъуыддаджы Уый тыххæй йæ цалдæр хаттьт ахсгæ дæр æркодтой, бадт Назра- ны фидары, уый фæстæ та йын Терчы об- ласты цæрыньт бар нал уыд. Докладгæ- нæг та йын йæ уыцы азты революцион ар- хайд банымадта лыстæг-буржуазоныл. Ра- кодта цавæрдæр сауфыст гæххæттыты кой, уым, дам, йæхи равдыста реакционерæй Фæлæ уыцьт гæххæттытæ дæр бæрæг нæ уыдысты. Вазыгджын политикон уавæры кæимæ куыста, уыдон сæрысуангæй кæй нæ ба- зыдта, кæй сын нæ раиртæста се ’цæг цæсгом иумæйаг демократон ныхæсты бы- нæй, уый уыд йæ лæмæгъдзинад, фæлæ сæ куьт базыдта, уæд сæ коммæ нал ба- каст, йæхи сæ схицæн кодта, æмæ уый та Научная конференция по вопросам осетинского литературоведения, стенограм- ма, архив СОНИИ, ф. 44, опись 1, Ед. хр. 4, с. 54. 2 Газ. «Соц. Осетия», 1951, 24 марта. 57
уыд йæ намысы сыгъдæгдзинадыл дзу- рæг, советон органты активонæй кæй рай- дыдта архайын, уый дæр — уымæн æвди- сæн. Æппынфæстаг, уæды онг къорд аз- ты йæ бон аскъуыддзаг кæнын цы фарст нæ уыд, уый ныр райхæлд йæ разы, æмæ хæрз цыбыр рæстæгмæ, рынчын уыд, аф- тæмæй уæддæр фыст фæцис йæ царды сæйраг уацмыс, йæ бирæ азты вазыгджык идейон хъуырдухæнтæ æмæ сгарæнты фæс- тиуæг — трагеди «Амран». Рагæй фæстæмæ национализмы хъуыдда- джы алы азымтæ уæлдай æмхиц уыды- сты, Елбыздыхъо скъоладзауы бонты лæй ныффыста, уыцы хъæлдзæг сцснæ «Уæрæ- седзаумæ». Азым æй кодтой, стыр уырыс- саг культурæйы прогрессивондзинад кæй нæ равдыста, уый тыххæй. Фæлæ драма- тургæн йæ хæс уый нæ уыд Æвзонг лæп- пу йæ разы æвæрдта хуымæтæгдæр хæс йæ адæмы хорз æгъдæуттыл йæ къух чи систа æмæ кæйдæр фæсдуæртты æнæсæр- мæхæссон лæггæдтæ кæнгæйæ, лакейы пси- хологи чи райста, уый фæлгонц равдисын Азæ дæр æгæр стыр домæнтæ æвæрдта ацы хъæлдзæг нывы раз, æнæхъуаджы дзы домдта «уырыссаг культурæйы прог- рессивондзинад æвдисын». Докладгæнæгмæ гæсгæ, националистон ми уыд Хъырымæн («Худинаджы бæсты — мæлæт»), уырыссаг пъырыстыфы кæй амардта, уый, кæд, дам, пъырыстыф раз- дæр йæхæдæг фæрæдыд, уæддæр Ома, Хъырым националист куы нæ уыдаид, пъырыстыф та — уырыссаг, уæд пъыры- стыфы цæф йæ уæл-æ бахус уыдайд, йæ сæры кад ын йæ къæхты бынмæ кæй æп- пæрста, цъыфы йæ кæй æвдылдта, уый йæм ницы фæкастаид. Æппæты «националистондæр» уацмысыл та йын банымадта драмæ «Хазби»-йы, уым, зæгъгæ, прогрессивон хуызы равдыста «ирон феодалты иу хайы реакцион-нацио- налистон растад Уæрæсейы ныхмæ» Ахæм хуызы ма аргъгонд æрцыд Азæйы докла- ды къорд æндæр фыссæджы сфæлдыстад æмæ историон-литературон паутæн дæр Уыцы ссадвæдыл ракодта йæ ныхас æр- тыккаг доклады автор Гуытъиаты Хъазы- бег дæр — Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар. Йæ алфæмблай литерату- рон царды цы уавæр уыд æмæ дзы цы роль æххæст кодта крити'<æ— уый уыд, æцæгæйдæр, централон фарст. Критикæйæ нырыккон цард цас домдта, иу уыйас та ивгъуыдимæ баст уыд Конкретснæй Хъа- зыбеджы доклад та кокференцийы иумæй- аг здæхт æмæ нысапиуæгмæ гæ:гæ афтæ арæзт уыд, æмæ ныхасмæ хаста, ивгъуыд царды æрмæгæй фысджытæ сæ уацмысты куыд пайда кодтой, уый, зæронд фысджы- ты кой дæр-иу ракодта. Хъыгагæн, Хъа- зыбег нæ бацархайдта, нæ фысджытæ æмæ хицæн уацмыстæй вульгарон-социологон критикæйы азымтæ æмæ фаутæ аиуварс кæныныл. Хъазыбег æххæстæй райста вульгарон критикты эстафетæ æмæ сæ бæркадджынæй фæлхатт кодта, цыма йæ- хи сæрмагонд уырнындзинад уыдысты, афтæ, кæм та-иу сæ æппæлгæ дæр ракод- та. 1 Ракойгонд стенограммæ, 107 ф, 2 Уый дæр уым, 152 ф, Афтæмæй Хъа:ыбеджы аргъгæнды Хъа- ныхъуаты Инал «бафыста йæ хæс мыгга гон фæстæзад æгъдæуттæн лæггад кæны- ны, йæ уацмыстæй бирæты хæцыд æл- дæртты фарс». «Брытъиаты Елбыздыхъо йæ æхсæнадон архайды цы иууыл стыр- дæр рæдыдтытæ æруагъта, уыдон æнæфæ- зынгæ нæ баззадысты йе сфæлдыстадыл дæр. «Хазби» идеологон æгъдауæй у зи- анхæссæг»1. Токаты Алихан ын уыд де- каданс æмæ символнзмы æндæвдады бын. Цомахъ æмæ Нигер бавзæрстой, реализ- мæч æцæгæлон чл у, ахæм литературон æндæвцадтæ. Ахæм хуьпы аргъ кодта, нæ заманы чи цард, уыцы фысджыты сфæлдыстадæн дæр. Зæгъæн ис, Хстæгка- ты Къостайæ фæстамæ нæ ~ынгæдтр фыс- джытæ иууыл дæр фесты идсйон æгъда- уæй сахъатджынтæ Йæхæдæг раст марк- систон-лснинон методологийæ ифтонг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æнæахадгæ, æнæбын- дур уыдысты йæ претензитæ йæ рæстæджы лчтературоы крнтикæйы адресыл. Æппæг вульгарон сопиологтау, Хъазыбег дæр нæ быхста ивгъуыд цард йæ кæцы фæнды хуызты дæр, сппæрста йæ абоны хъуы- дыйæ тарсти иггъуыд- царды фæлгæнц- тæн, ома, уыдон фыдахъазæй стыхджын уыдзæн миййаг буржуазон-националистон пдеологи Доклæдты фæдыл уыд дзæвгар ныхас- гæнджытæ. Уыдонæй алчи дæр дзырдта бæрæг-бæлвырд фыссæджы сфæлдыстадыл. Цæгат Ирыстоны паддзахадон педаго- гон институты лектор Кравченко фарст раст æвæрдта, зæгъгæ, ирон литературæ- йыл хицæнæй, æфсымæрон адæмты* литс- ратурæтæй иппæрдæй не ’мбæлы дзурын, уымæн æмæ уый хицæнæй нæ рæзыд, фæ- лæ уыдонимæ æмбастæй Уыцы хъуыды уыд ахадгæ, фæлæ конференци йæ вуль- гарон-соцпологон здæхтимæ цæттæ нæ уыд æмткæй дæр лнтературæйы фарстытæ абар- гæ æгъдауæй иртасынмæ. Кравченко кон- ференцийы æргом аздæхта æмæ фидарæй сдзырдта, ироп литсратурæйы классикон бынтæй æцæгдзинад æмæ рæстдзинад дзу- рыны бæсты мæнг тауыс чи кодта, цъыф- тимæ сæ чн æвдылдта, уыдои ныхмæ, сæ критикон уацтæ сын рахуыдта «æдзæсгом антипатриотон æнаккаг ралæудтытæ». Га- зет «Æрыгон болыпсвик»-ы Ерихонов цы уац ныммыхуыр кодта, Къостайы пьесæ «Дуня»-йы тыххæй былысчъилтæгæнгæ кæм дзырдта. уымæй загъта* «Я не собираюсь ссйчзс опснпвать всю статью, но этого ци- нично наглого антипатриотически гнусно- го заявления Л. Ерихонова, поправшего элементарныс принципы советской лптера- турной критики, достаточно, чтобы губе- диться в бсспечности, которую проявляют наши ответственные руководящие товари- щи, допуская публикации статьей, в кото- рых злопыхательство не только на безус- ловно честных и высоко^рудированных на- учных работников, каким является профес- сор Л. П Семенов, но и на основу основ осетинской литературы»2. Кравченко уыд иунæг адæцмаг, ирон ли,- 58
тературæйы сæрыл афтæ æргом æмæ кар- зæй чи сдзырдта æмæ чи æрæвæрдта адæ- мы раз Ерихонов æмæ «фыдбылызхæссæг къорды» фарст се знаггады куысты тых- хæй. фæлæ уый не ссардта æмбæлон ре- акци конференци организацигæнджытæм. Конференцийы Брытъиаты Созырыхъо йы ныхас Гæдиаты Сечъайы тыххæй уыд иууыл хъæбæрдæртæй. Йæ ныхасæн ца> м’æй зонадон ахаст уыдаид, уый тыххæй Секъайы уацмыстæн ссардта историон па- раллелтæ дæр, фæлæ уымæй уæддæр нæ фæхайджын реалон цæстæнгасæй. Секъа- йы æвæрццаг хъайтартæн зыгъуыммæ æм- барынад дæтгæйæ, Созырыхъо уыдонæн сфыццаг кодта Толстопы «Непротивление злу насилием», аины уырнындзинад. Йæ уацмысты иу хайы, дам, кæд адæмы æф- хæрджыты æвдисы, уæддæр æм адæм сæ- хæдæг сты пассивон, æнæсдзырд, фыдта- уыстæ сыл кæны, зæгъгæ. Йудзырдæй, Секъайы концепцийы ньтхмæ философи адæм æмæ уыдон æфхæрджыты фæдыл. Секъайы концепци ацы фарсты фæдыл иууыл тынгдæр фæбæрæг йæ радзырд «Арагвийы Ерыстау æлдар»-ы Иуты бар- тæ æнæкæрон куы вæййынц, иннæтæ та — æргъæвст, ссæст, уæд уый æндавы адæ- мæн сæ психикæйыл, халы сын сæ хæрз- æгъдау, сарæх вæййынц нымудзджытæ, фыдгæнджытæ. Фыссæг уыдон сусæг нæ кодта, уымæн æмæ уыд æцæг реалист. Со- зырыхъо та йæ фæхуыдта йæ адæмыл æв- зæрдзинæдтæ мысæг. Уымæ гзесгæ радзыр- дæн скодта карз тæрхон* у æкæтипоч, ис- торион рæстдзинад зыгъуыммæгæнæг. Æмæ хатдзæг «Арагвийы Ерыстау æлдар» мых- уыр кæнын хъæуы фæцыбыртæгондæй. Уый та ноджы иу æбуалгъы кæнт, р-лассикон бынтæ мыхуыры уадзыны хъуыддаджы. Иннæ радзырдты тыххæй дæр- «Саударæг ус»-ы — лæгмæрдтæ, тыхмитæ, «национа- лизм, адæймагыл цъыфкалæн; <<А.зау»-ы — зæронд дуг идеализаци кæнын «Зæлда»- йы — худы цæгат ирыл; «Адæймаг æмæ сырд» — аморалон æмæ а. д. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Секъайы сфæл- дыстадмæ ахæм цæхгæр æппæрццаг ахаст сæвзæрын кодта æнæразыдзинад конфс- ренцийы уæвджытæп бирæтæм Ардасенты Хадзыбатыр æй банымадта æнæкомпетеч- тон ралæудыл адæмы раз, æбæрндзинадыл. Ахæм æбæрндзинадæй Ардасенты Ха- дзыбатыр йæ ных бакъуырдта Джиоты Хазбийæн дæр, ирон литературæйы Бры- тъиаты Елбыздыхъойы реакцион пдейæ- хæссæг, буржуазон-напионалистыл чи ны- мадта. Хазбийы хъуыдыйæ, «Уæрæсе- дзау»-ы Елбыздыхъойы нысан уыд ирон адæмы стыр уырыссаг адæмæй, уырыссаг культурæйæ атонын «Трагеди «Амран»-ы та федта «Стыр Октлбры революцийы ных- мæ тохы сидт» Æмткæй йе сфæлдыстады тыххæГг «Дыууæ хойæ» фæстæмæ æмт- кæй йе сфæлдыстад у зианхæссæг». Фадс- ев дæр, дам, рæдыди, Елбыздыхъойæ хорз кæи загъта, уымæй. Хазбийы дæрæнгæнæн критикæйы ныхмæ радзырдтой æндæртæ ДæР, уыцы нымæцы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ дæр, дзырдтой, зæгъгæ, Хазби- 1 «Соц. Осетия» Джиоев Хазби. Ош* йы фæнды ирон литературæ скуынæг кæ- нын æмæ домдтой, цæмæй кæрон æрцæуа йæ зианхæссæг архайдæн. Конференцийы ма сæрмагонд раныхæ- сты дзырдтой Кочысаты Розæйы, Коцой- ты Арсены, Гæдиаты Цомахъы, Хъороты Дауыты æмæ æнд. сфæлдыстады тыххæй. Сæ æмбæстагон архайд æмæ аив уацмы- стæй дæр бирæтæн æрцыд æппæрццаг аргъгонд. Конференцийы кæронбæттæн ныхасы Шамориков ноджы æгъгъæдыл нæ баны- мадта, цы карз ныхас дзы рауад, уый. Зианхæссæг критикты адресыл дзы цы уай- дзæфы дзырдтæ æрцыд загъдгонд, уыдон цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, йæхи ахæм хуызы равдыста. Хæдарцæты Азæйы док- ладмæ æрхаста ахæм фау: «В нем не бы- ло боевого, наступательного тона. Она слишком спокойно говорила о проявлении буржуазного национализма в осетинской литературе. А об этом спокойно говорить нельзя». Афтæ, æмæ Шамориков ирон литерату- рæйæн развæлгъау схай кодта идейон са- хъатдзинæдтæ æмæ конференцийы хъуыд- даг иууылдæр здæхта уыцырдæм, цырын кодта «боевой, наступательный тон» æнæ уæвæг «буржуазон национализмы ныхмæ ирон лктературæйы». Æндæр ахсджиагдæр нысан не ’вæрдтой сæ разы конференцийы организатортæ. Фæлæ зæгъæн ис, уый уæд- дæр æххæстæй нæ бафтыд сæ къухы. Сæ зылын, сæ фыдгæнд ми сын сæ цæстытыл чи бакодта, ахæмтæ дæр дзы разынд. Фыццаджыдæр, уыдон уыдысты Кравчен- ко æмæ Ардасенты Хадзыбатыр, стæй ахургæнджытæ æмæ студенттæ Уæддæр уыцы конференци цы зиан бакодта нæ ли- тературæйæн, уый уыд стыр. æназым фыс- джыты идейон-:юлити:чОн æгъдауæй ком- прометацийы амæттаг фæкодтой æмæ сын сæ уацмыстыл бирæ азты дæргъы зиан- хæссæджы дамгъæ нывæрдтой. Сæйраг ах- хос ам уынын хъæуы, рæстæвзарæг кри- тикæ йæ сæрыл уæлавмæ схæцынхъом кæй нал уыд æмæ вульгарон-социологон кри- тикæ хъуыддагскъуыддзаггæнæг кæй сси, уый мидæг. «Зианхæссæг» критикты дæ- рæнгæпæн хæцæнгарз тынгдæр æмбæлд нæ зынгæдæр фысджыты сфæлдыстадыл. Æп- пæты æмхицдæр та фесты, вазыгджын за- маны чи цард æмæ нæ адæм йæ истори- он рæзты ахсджиаг моментты кæй сфæл- дыстады æвдыст æрцыд, уымæ—Бры- тъиаты Елбыздыхъсйы сфæлдыстадмæ. Фæстаг хатт æмæ иууыл дæрзæгдæр хуьь зы уый йæхи равдыста газст «Соц. Осе- тия»-йы Джиоты Хазбийы уацы.1 Уымæй размæ йæ цы алыгъуызон идей- он рæдыдтытæ æмæ фыдракæндтæй аххос- джын кодтой, уыдон иууыл иумæ сæхи- цæн бынат скодтой ам. Авторæн йæ ны- сан уыд хурæргом: æппынфæстаг, кæд бын^ тондæр ныгæд æрцæуид Елбыздыхъойы сфæлдыстад. Ацы уацы кæронмæ æвдыст æрцыд критик Джиоты Хазбийы зонд æмæ зæрдæйы ахаст ирон литературæмæ, йæ хуыздæр фысджытæм, æххæстæй дзы ра- зынд йæ аргъ кæныны метод, куыд кри- тик, афтæ. ки повторяются вновь. 1954, 23 июнь. 59
Хрестоматиаразджытæ цасдæр бæрцæй, вульгарон критикты хъуыдыйы ссадвæдыл цæугæйæ, Елбыздыхъойы æхсæнадон-поли- тикон архайд æмткæй банымадтой реак- ционыл Ноджы, дам, уыцы уавæр бан- дæвта йæ хицæн уацмыстыл дæр. Фæлæ критикмæ уый уæддæр æгъгъæд нæ фæ- каст æмæ драматурджы цы стырдæр фьтд- ракæндтæй аххосджын кæнгæйæ фыста «По мнению составителей хрестоматии во- инствующий буржуазный националист, враг советской власти только стоял на по- зициях’ мелко-буржуазнсй идеологии. Он якобы не протаскивал через свое творче- ство буржуазно-националистические, контр- революционные идеи. Мелко-буржуазная идеология только якобы повлиала на от- дельные его произведения. Какие же «от- дельные» произведения имсют в виду со- ставители^ За исключснием пьесы «Две сестры» все его произведения являются порочными, вредными». Ирон псторион- литературон æхсæнад рахуыдта «шпионты организаци» æмæ альманах «Малусæг» та — цæттæ буржуазон-националистон жур- нал, уымæн æмæ уыдон мидæг дæр ахти- вон архайæг уыд Елбыздыхъо Дыууынæм-æртынæм азты Брытъиаты Елбыздыхъойыл чи фыста уыдон, уыцы нымæцы Тыбылты Алыксандры дæр, адæ- мы знæгтæ хснгæйæ, азым кодта, ома, дам, «тынг æппæлыдысты æмæ парахат кодтой Елбыздыхъойы сфæчдыстад». Фæ- лæ критикæн Тыбылты Алыксандр «адæ- мы знаг» нæ уыд, Гæдиаты Цомахъы «Ос-Бæгъатыр»-ы тыххæй йын йæ рæдыд хъуыдытæ куы рафыста, уæд » Уымæн, æмæ йын уыдон уым къух лæвæрдтой, цы вульгарон-социологон амалæй архайдта, уый хицон уыд Хазбийæн. Ам та Елбызды- хъойы тыххæй рæстæй æмæ хорзæй цы дзырдта, уыдон уыдысты йæ ныхмæ, æмæ уымæ гæсгæ уыд «адæмы знаг». «Фыдбылызхæссæг критикты къорды» минæвары апы ралæуд ахызт æппæт арæн- ты сæрты дæр, литературон критикæйæ уголовон тæрхонгæнæджы мадзал аразгæ- йæ. Уый уыд нæ литературæйы уæззау аз- ты вульгарон-социологон критикæйы дæн- цæг, нæ классикон бынтæ дæрæн кæныны фæстаг аккорд. Афтæ уыдысты, нæ уацы фыццаг сæры æппæты разæй цы æртæ ахсджиаг хъуыд- даджы банысан кодтам, уыдон фыдхъо- мысы фæстиуджытæ нæ литературæйæн суанг 50-æм азты æмбисмæ. Дарддæр мах уынæм, боныхъæд куыд ивта, тæрк уарыны мигътæ фæйнæрдæм цъусгай куыд пырх кодтой æмæ та нæ литературæйы хуымзæххыл ногдзыд тау- тæ ,куыд байдыдтой рæз хæссын, уый. Æниу уымæй фæстæмæ азты дæр, суанг æрæджыты онг, мах къорд хæттыты æв- дисæн уыдыстæм нæ литературæйы гуы- мир вульгарон-социологизмы рецидивтæн, командон-административон мадзæлттæн. Æнцон нæу уыдоныл хъоды бакæнын. Куы ма йæ загътон, уыдон ирон литера- турæимæ сты æдзухон æмдзæрин. Фарстæуы цы амалæй скуынæг уыдзы- сты æмæ сыл куыд ныффæлдахдзыстæм æнусон мæрдырохы къæйдуртæ? Æрмæст- дæр нæ культурон рæзты потенциалон тыхтæ сбæрзонд кæнгæйæ, куы бамбарæм æмæ куы банкъарæм зæрдæйы рисæн, сæ фыдазар, сæ фыдхъомыс нæ литературæ- йæн цы сты, уый Æмæ уый та нæ къухы бафтдзæн æргом дзырды руаджы, прин- ципиалон æгъдауæй сьтн куы саргъ кæ- нæм, уæд Гъе уый тыххæй нæ бахъуыд ам, нæ литературæ цы фæндæгтыл рацыд, уыдонмæ фæстæмæ акæсыны сæр, цы бав- зæрста уыцы фæндæгтыл, уыдон тыххæй радзурын, УУ’У» БУЛКЪАТЫ МИХАЛ ПОЭТЫ АВТОПОРТРЕТ Поэт, трагикон цау фенгæйæ, бындзарæй куы ныккæрзы æмæ йæ зæгъинаджы поэти- кон фæлгонц йæ уды тæгтæй куы фæны- вæнды, уæд ын йе сфæлдыстад басгуыхы цардæгас автопортрет. Ахæм сурæтæн йæ нывæзт вæййы вазыгджын æмæ символтæй йедзаг, уымæн æмæ февдисы куыд коикре- тон адæймаджы бæрæг-бæлвырд гæччытæ, афтæ адæймаг æмæ дуджы кæрæдзимæ ахастытæ. Поэт нæу цаутæй рифмæбыд уацмыс фыссæг. Поэт у, цауты æндæвдæй уды сæвзæргæ тугæрхæм фæлгонцæн поэти- кон формæ чи ссары, уый Цæрукъаты Алыксандр зæрдæйы хъусæй ахсы дуджы удызмæлд æмæ йын йæ алы мырæп йæ поэ- тикон дунейы ары æмзæл мыр. Удæн æдде- йæ йæ агурын ницы хъæуы æмæ мысгæ дæр ницы кæны. Йæ уды хæлбурцъгæнæг æрмæ- гæй фыссы йæхи «суанг сонты бонтæй» фæстæмæ дунейы рис æнкъары сабийы æнæхин зæрдæйæ. Йæ цаутæм ын кæсы æп- пæт æмбарын æмæ банкъарыны цымыдисæй се ’мыдзаг чи у, ахæм цæстытæй. Дунейы дæрзæг цъарыл аныдзæвгæйæ, йæ зæрдæ йæ æрвгъуыз туг цал хатты ныссæххæтт кæны, уал хатты та йæ разы байгом вæййы ног бæстæ. Иæ фæндаг æй куы «хосгарсты бæрзондмæ» ссайы, куы йæ «лæбырд фах- сьт лæсæнмæ» бакæны, куы та йæ «æвзист доны хуырдзастыл» алæууын кæны. Фистзэ- гæй мин хатты кæмыты æрзылд, уымытЫ та йæ разы байгом вæййы ног дуне, фæлзз йæм фæстагмæ уæддæр æрцæуы ахæм хъуыды. «Æмæ йыл размæ цас ацæуый фылдæр, гъе уый бæрц дуне ногдæр у мæ- нæн» («фæндаг»). Дун-дунейы хуылфы ра- 60
гæй-æраегмæ цы хæлбурцъызмæлд нытты- гуыр, æрмæстдæр ам уый банкъарыиы сæ- раппонд æрцæуы зæхмæ йæхи æруадзыны хъуыды. Цæмæй скифаг чызг Занчуллæ (йæ радзырд «Мæлгæ аццы кафт»-ы), фыр- вæлладæй «уæлгоммæ хуысгæйæ, арвы цæ- хæр къуырфмæ» куыд каст æмæ тыхгæн- джыты зæронд науы кæлæддзаг хъилты хъинцъ-хъинцъмæ куыд хъуыста, афтæ бай- хъуса хæстæндзарджыты фыдæй атомиф- тыгъд зæххы къорийы ихсыд уромæпты дзæнгæлтæгæнæг къæс-къæсмæ. Иæ буар æмæ йæ удæй сын банкъара сæ дагъыс- тъайдаг уавæр æмæ йæ базона, кæддæра ма кæдмæ фæуромдзысты сæрсæфæн уырдыджы къæппæвæрд къори. Алыксандр реалист у, куыд практикон царды, афтæ поэзийы дæр æмæ йыл йæ хъуыды сайдæй никуы цæуы. Поэт алы дуджы дæр агуырдта йæ нысан- мæ цыбырдæр фæндаг æмæ разы уыд, тагъддæр бауайæн Пегас, кæнæ Æрфæны саргъыл бабадынмæ. Фæлæ космикоп за- ман адæймæгты ’хсæн дæрддзæг нæу, поэты- иу йæ нысанмæ Пегас куыд бадавта, уый хуызæн. Æмæ поэты æрфæнды адæймæгти- мæ иудзинад, искæйтимæ ныхас кæнын ду- иейы æппæты риссагдæр хабæрттыл, кæнæ та этикæ æмæ моралы закъæттыл. Къоста- йы универсалон эрудици æмæ Нигеры фыр- уæздан эстетондзинадыл хъуыды æмæ фыс- сыны бæсты йæм æрцæуы уыцы темæтыл искæйтимæ дзурын æмæ йæхицæн бынат пал фæары. Уæд йæ кусæн кабинет ныууадзы, горæтмæ рацæуы æмæ уынджы бæрæг ран лæугæйæ фенхъæлмæ кæсы хицсн хъæлæс фехъусынмæ. Ахæм рæстæджы, чизоны, бульвары скверы даргъ бандоиыл бынтон æнæзонгæ адæймаджы фарсмæ фæбада са- хат кæнæ та уымæй фылдæр æмæ йæ стæн æнæнхъæлæджы афæрса: Æмæ уæдæ ды- сон дæ хуыссæг та куыд уыдис, дæ хуыс- сæг? Невадæ æмæ Семипалатинскы ядерон срæмыгъд кæй уыд, уый дæ зæрдæмæ куыд цæуы? Науæд, Хуссар Корейы змæстытæм кæсгæйæ, уыцы Чон-ду-Хвай у, цавæр гуы- бынниз у, уымæ дæ дæндæгты хид пæ кæ- льР «Кæй фæрсы, уый йæм джихæй бакæс- дзæн æмæ йын йе ’н’гъыснæг цæстытæ куы ауына, уæд æм æнæхинæй бахуддзæп. Æнæ- мæнг ын йæ зæрдæ адзæбæх кæндзæн йæ * шдбылху’дтæй, ,уымæн æмæ йын поэтьг сагъæсæмхиц цæсгом бамбарын кæндзæн, космикон тыгъдад адæймæгты ’хсæн дæрд- дзæджытæ кæй сцыбыртæ кодта æмæ йæ фарсмæбадæг уыцы «къуындæг дунейы» æндæр бынат кæй нал ссардта Уый хуы- зæн уавæры, чизоны иу адæймагмæ дзура, фæлæ уыцы адæймаджы фæсчъылдым уы- на æнæхъæн дуне æмæ йын йæ рис базон- ынмае дæр фæтырны, пыхас кæимæ фæкæ- иы, уый фæрцы. Цæрукъаты Алыксандр, жонглерау, ни- <уы архайдта актуалондзинадæй. Зоны йæ, ахæм оперативондзинад хатт зыгъуыммæ <æй фæахады аивадыл æмæ цыфæпды арф юэтикон хъуыды дæр кæй сыдывд кæны Ьынтон æцæгæлон ын сты парадондзинады эффекттæ, кондады домæнты æмвæзадыл |)ыссын. Фыссын куы райдыдта, уæдæй ныр- чæ æУУæнды йæ поэтикон интуицийыл. Ергом зæгъгæйæ, актуалондзинад уый риппайы æмæ йæ исы, царды домæн куы свæййы, æхсæнады прогрессæн ахъаз куы кæны, уæд, Цыфæнды уавæрты дæр Цæрукъайы фырты хъуыды зилы фыдыбæстæйы хъыс- мæт æмæ адæймаджы æмбæстагон хæсты алыварс æмæ сын се ’махастыты уидæгтæ агуры, скифаг стыр философ Анахарсисæй райдайгæйæ, суанг нæ дуджы раззагон адæймæгты онг. йе сфæлдыстадон хъуыды нывæзтмæ стереотипон адæймаг нæ баха- уы Уый йæхимæ магнитау, æлвасы дзыл- лæйы интерестыл тохгæнæг, йæ фыдыбæс- тыл фидар хæцæг, йæ нацийæн ахъаз чи у, ахæм адæймæгты. Раст уыцы принципы амындæй Алыксандры хъуыды йæхимæ æр- байста ыæ зынгхуыст поэт Калоты Хазби, сомихаг нывгæнæг Леван Мартиросян, УСФСР-ы сгуыхт артист Цæрукъаты То- тырбеджы фырт Алыксандр æмæ æндæр- ты рухс нæмттæ. Уыцы хъуыды лæгæрды цардæн йæ ’æрфыты, цыфæнды социалон фæзындæн дæр бавналы йæ тæккæ рай- дианмæ æмæ дзуры æргом, хъæлæсыдзагæй. Цард цыфæнды тæхæд размæ, уæддæр поэт цæры йæ рисимæ. Уый нæу рог. Уымæн йæ судзаг рæстæджы иу фадыгыл нæ аха- ды æмæ йæ бæрцæй Ирыстоны арæнты мидæг нæ цæры мыййаг. Æххæссы тынг дæрттыл. æмæ æнусты сæрты æвналгæйæ, æххæссы Туркмæ, Ирапмæ, Сиримæ, Ин- димæ, Алжиры змис быдыртæм. Мæ къабаз Хуссары, фæсденджыз, риссы, Мæ зæрдæйы кæрдихтæ ихсийынц кæмдæр. Уым ме ’фсымæр хæты лæзæрд схъисы, Чалмæ-хызæй æрбатухы йæ сæря Нæ сау хæхтæ нæма систой сæ саутæ, Сæ цотмæ бæлгæ, тахти сыл æнус. Зынджы стъæлфау, ирон лæг, дард фæхаудтæ . Кзед, чизоны, æрттивынц ма дæ туджы Фыдызæххы æгъдæуттæ æмæ уарзт... Уынын дæ æз цола хæргæфсыл Турчы, Лæууыс Ираны стыр мæзджыты раз. Уынын дæ хурсыгъд Сирийæн йæ уынгты: Фæхæссыс де ’ккой къомситы чыргъæд... Æмбæрзы дымгæ пъалмæджын быдырты Дæ араббаг бæхы сæфтджыты фæд... Уынын дæ Индийы — æрмахуыр сау кæлмыты Ыстыхтай цонгыл базары кæрон. Уыны дæ æз — Алжиры змис тæлмытыл Дæ теуа бастад . Мысыс сатæг бон... Уый у, нæ адæмæн йæ гуыргъахъ цард- вæндагыл, фыдохы чегърейау, чи басгуыхт. ахæм рис. Алыксандр ын йæ райдиан ны- майы, суанг ма грекаг закъонæвæрæг Со- лон æмæ скифаг стыр философ Анахарсис куы цардысты, уыцы дугæй æмæ йын йæ мидис равдыста йæ радзырд «Мæлгæ ац- цы кафты» персонаж Занчуллæйы хъысмæ- ты нывгарсты. Уый цыдис æмæ цыдис пæ туг, не стæджы фæдыл æмæ йын байсысын не ’птыст, фæлæ ноджы тыхджындæр хæ- рам байдыдта, ивгъуыд æнусы æхсайæм азты нæ классикоп поэзийы авдæнузæг Мамсыраты Темырболат Туркмæ куы алыгъд, уæд. Символикон у, нæ классикон 61
поэзи нæ национ риссæй кæй равзæрд, уый. Символикон ув Алыксандры æмдзæв- гæ «Сагъæс»-ы Темырболаты хъысмæт кæй фиппайæм æмæ нын нæ зæрдæты уыцы æнæбайсысгæ рис кæй сног кæны, уый дæр. Уым арв æндæр у... Уым æндæр у мæй дæр... Æндæргъуызон у хурзæрины скаст. Нырризы де уæнг хаттæй-хатт цæмæйдæр — Дæ хуылфæй ссæуы рох азты цъæхахст... Тынг рагон у уыцы рис, фæлæ йæ азтæ нæ фæрогдæр кодтой. Чизоны нæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг нацийы уыцы рис басгуыхт йæ фыццаг импульсæй Алыксан- дры поэтикон ,'хъуыды фенкъуысынтæнæг тых. Хуссары фæсденджызмæ хæстæг «зæр- дæйы кæрдихты» рис цæры йæ мидæг æмæ йын æдзух мысын кæны йæхи. Уымæн йæ дудыны фæстиуæг у æмдзæвгæ «Æцæгæ- лон бæсты »дæр æмæ йæ рефрентæ нæ хъус- тыл уымæн ныдзæвынц ирон хъарæджы зæлтау: Цымæ дын цы зарыд дæ ныййарæг мад, Дæ авдæны раз-иу æнкъардæй куы ’рбадт? Цымæ-иу цы дзырдта, Хуыцауæй цы куырдта, Æмæ дын цы зарыд дæ ныййарæг мад? Цымæ-иу цæмæн уад йæ рустыл цæссыг, Цæмæн-иу дыл калди тæвд къæвдайы сыг? Цæмæн-иу дзынæзта? Цы дын-иу фæдзæхста, Цымæ-иу цæмæн уад йæ рустыл ’цæссыг? Æвæццæгæн, мысыд йæ фыдæлты зæхх — Мæкъуыламад мигътæ, бæрзонд арвы цъæх, Йæ кæрдæгджын рæгътæ, Йæ митсæр кæдзæхтæ, Æвæццæгæн, мысыд йæ фыдæлты зæхх. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмдзæвгæйæн йæ формæ у дæсны амад, фæлæ ам дзырд цæуы йæ драматикон хъæлæсыуагыл, стро- фæты фыццаг æмæ фæндзæм рæнхъыты рефрен ын йæ драматизм ноджы уæлдæр къæпхæнмæ кæй сисы, йæ цыбыр рæнхъы- ты зæлд адæймагмæ, æцæгдæр, хъарæджы ассоциаци кæй февзæрын кæны, ууыл. Йæ хъустыл ныдзæвыд тæхгæ дæтты хъæр, Йæ цæстытыл уадис, егъау хæхты сæр Фыдæлты мæсгуытæ... Цыхцырджын мæсчъытæ... Йæ хъустыл-иу уади тæхгæ дæтты хъæр. Мыййаг дын кæд зарыд дæ ныййарæг мад: Куы слæг уай, гъеуæд-иу æфсургъыл ысбад, Фæтæх-иу ды уырдæм — Дæ Иры быдыртæм... Мыййаг дын кæд афтæ фæдзæхста дæ мад. Æмдзæвгæ ныффыссын поэтæн удыхос баназынæй хъауджыдæр нæу, фæлæ ахæм хос Алыксандрæн йæ рис бынтондæр не сдзæбæх кæны. Чысыл æй æрнымæг кæны. Æгæрстæмæй нæм хатт афтæ дæр фæкæ- сы, цыма æнæ уыцы рис сæфы йæ царды мидпс, барæй йыл нæ ауæрды æмæ йæ нæ ’рмынæг кæны кæронмæ. Калоты Хазбийы цы «Фæстаг хъуыды»-йы мысы, уый нæм ахæм ассоциаци февзæрын кæны, цыма поэт кæмдæрты цæуылдæрты фæцауæрста. Цæмæй та райсом йæ хъуыдыйæн ног фор- мæ куы агура, уæд ын уа йæ сагъæсты эф- фектыл поджы уæлдæр схæцыны фадат. Ахæм ассоциаци мæм æвзæрын кæнынц поэты æндæр æмдзæвгæтæ дæр. Æмдзæв- гæ «Мæнæн ис иу бæллиц» «Мæ кувæндоны къæсæрыл»-æй раздæр фыст куынæ æрцы- даид, уæд загътаиккам, зæгъгæ, поэт йæ поэмæйы иу схъисæй ныффыста æмдзæвгæ. Ыыма йе ’мдзæвгæйы афтæ кæй зæгъы, «Мæнæн ис иу бæллиц: уæлмæрдæн æз райсин сау хæхты лæгæт», зæгъгæ, уымæй сфæлхатт кодта «Мæ кувæндоны къæсæ- рыл»-ы мæнæ ацы рæнхъытæ: О, зонын, ис æмгъуыд, Ис алцæмæн рад, афон. Æрхæсс мын равг, Пылау куыд базонон Æз рагацау мæ адзал, Цæмæй фæстаджы бон Мæхи къæхтæй фæцæуон Нæдæр, нæ, аргъуаны кæртмæ, Нæдæр пантеонмæ, Нæдæр нывæфтыд урсдзæнхъа зæппадзмæ, Фæлæ нæ урс хæхты лæгæтмæ Тыхамæлттæй фæхилон. Фæллад бæлццонау, Æрхуыссон уым æнустæм Æвæсмонæй, Æнæ зæрдæ æхсайгæ... Фæлæ иугæр сæ дыууæйы æхсæн фараст азы ис, уæд та нæ уырны, 1957 азы фыст æмдзæвгæ æмæ 1966 азы фыст поэмæ уыцы иу риссы æндæр æмæ æндæргъуызон поэ- тикон вариацитæ кæй сты. Ахæм принциптæй Алыксандр æндæр æмæ æндæр рæстæджыты уыцы иу рисæй рав- заргæ æмдзæвгæты тематикæйы иудзина- дæй скодта хæдбар поэтикон дагътæ. Æз дзы кæрæдзийы фæдыл æрнымайдзынæн иу-цалдæр. Сæ ныффыссыны рæстæгмæ гæсгæ: «Сагъæс» — «Æцæгæлон бæсты». Фыдыбæсты раз бæрндзинад дагъ æппæты тæссагдæр уавæрты: «Æмæ ныррухси хæс- тон лæджы зæрдæ» — «Ног та дард балц-- мæ — цæттæ» — «Ме нæзонгæ чызг» — «Надгериты Т-æн» — «Фæстаг хъуыды» — «Фæхицæны размæ» — «Æрфынæй у» — «Балладæ авд æфсымæрыл». Адæймагады эстетикон хъуыдыйы æнæахуысгæ цырæгъ- ты фæлтæр «Æз Ленины федтон» — «Къостайы цæссыг» — «Нигерæн» — «Не- фертитийы скульптурæ» — «Сфинкс» — «Боробудур» — «Рафаэль» — «Шекспирæн» «Микеланджело» — «Данте». Фæлхатæн æмæ генеалогийы психо-анализы дагъ: «Дыккаг райгуырд» — «Мæ фыдæн» ■— «Зæрдæйы ныхас» — «Ныхас авдæны сывæллонимæ» Автопортреты дагъ: «Мæнæн ис иу бæл- лицц» — «Монолог» — «Мæ кувæндоны къæсæрыл» æмæ бирæ æндæр поэтикон дагътæ, се ’гасæн банымайæн нæй. Адæймаг у Алыксандрæн йæ «зæрдæйы кæрдих» æмæ йæ фыдыбæсты иу схъис. Адæймаг ын у, фыдыбæстæимæ йæ бон 62
ныхас кæй фæрцы у æмæ йæм фæндаг кæй миддунейы рухсмæ ары, ахæм æхсæйнаг къæпхæн. Адæимаджы цытджын номмæ кæд, бæрзонд цыртау, уæлæмæ кæсын уарзы, уæддæр ын йæ буар йæ хъуыдыты раз, гæрæнау, не слæууып кæны. .уый йын иæ миддунеиæ саразы, иæ цæсты рухсмæ но- джы фылдæр рухс кæй фæрцы бафты æмæ иын ног дунетæ чи ссарын кæны, ахæм кæ- сæнцæст. Цæмæй уыцы кæсæнцæстæй кæсгæ- йæ йæ хъуыды суа, æппæты бæрзонддæр ын цы ис, уымæ баххæссынхъом. Афтæмæй йæм, снмволтæй нымайгæиæ, адæймаг ссис æх- сæинаг къæпхæн йæхицæй æппæты бæр- зонддæр идеалы æхсæп æмæ пын, дæлеиæ уæлæмæ снымайгæйæ, бантыст хъуыды бæр- зонддæр къæпхæнты ахæм асии скæнын. Поэт йæхæдæг — Адæймаг — Фыдыбæстæ. Уыцы асины къæпхæнтæ «Мæ кувæндопы къæсæрыл»-ы символтæй куы æрнымайæм, уæд та дзы рауайдзæн ахæм нывгарст. ку- вæг—кувæндон—хуыцау. Куыд кæсæм, аф- тæмæй дыууæ раны дæр кувæг кувгæйæ баззад, адæймаг ссис, кувæг йæ зæрдæйы тырнæптæ кæй разы раргом кæны, ахæм кувæндон æмæ ФыдыОæстæ та ссис Хуы- цауы бæрзæндæн. Ахæм хъуыды мæ цæсты рухс бæрзондгæнæн къæпхæнтæйконд аси- нæн ис йæхи логикæ. Иуæрдыгæй, куыд загътам, афтæмæй, кæсæнцæсты миддупе- йы фæрцы поэты цæсты рухсмæ бафты но- джы фылдæр рухс æмæ цаутæ фæуыны хуыздæр Иннæрдыгæй, уыцы дунейы фæр- цы поэзимæ æрбахæссы фыдыбæсты, (æппæ- ты бæрззонддæр идеалы) царды кæцыдæр этап æмæ йын равдисы йæ поэтикон хызæг. Аннæрдыгæй та, иугæр поэтмæ Фыдыбæстæ хуыцауы бæрзæндæн ссис, уæд йæхæдæг та аззад кувæджы бынаты æмæ пæ ба- хъуыд, кувæг йæ тырнæнтæ æппæты бæр- зонддæр идеалмæ кæй фæрцы фервиты, ахæм æхсæйнаг инстанци (адæймаг кæнæ та кувæндон!). Ахæм хатдзæг нын саразын кодтой символтæ. Дзырдтæн сæ символон нысаниуæг куы сисæм æмæ сæ комкоммæ куы бамбарæм, уæд та Цæрукъайы фырт- мæ адæймаг февзæрдзæн Фыдыбæстæ æмæ хуыцауы бæрзæндыл. Раст зæгъгæйæ нын ахæм йерархион пывгарстмæ амоны «Мæ кувæндоны къæсæрыл»-ы философон хъуы- ды дæр. Поэт йæ «кувæндопы къæсæрыл» лæугæйæ, кæны кувгæ, фæлæ кæмæ кувы? Кувæндонæн йæхимæ, æви, кæй номыл арæзт у æмæ кæй у, уымæ? Кæй зæгъын æй хъæ- уы, кувæндоны фæрцы уый йæ куывд фер- виты æппæты бæрзонддæр идеалмæ, фæлæ æнæ символ уыцы идеалæй пицыуал аз- зайы æмæ йын йæ бынат бацахсы кувæы- Дон. Афтæмæй Стыр фыдыбæстæйон хæсты темæйыл йе сфæлдыстады цы поэтикон дагъ скодта, уый бакæсгæйæ, хæсты траги- кон нывтимæ нæ цæсты раз слæууыиц, фыдыбæстæ æцæг кувæндон цы адæймæг- ты фæрцы у, уыдон рухс сурæттæ- 0, зонын æз, æрзылд мæ фæстаг сахат... Æрхаудзынæн уæлгоммæ дзагъырдзастæй, Мæ зыхъхъыр дзыхæй скæлдзæн туджы саха, Ныхъхъæбæр уыдзæн хъусрæбынты ахстæй. Дард ацæудзысты, дард, мæ тохы умбæлттæ, Æзта кæсдзынæн сау мигътæм æдзæмæй Æндæгъд къухы~рæвдыд кæрдæджы хæлттæ Мæ кард дзæгъæл æппæрст æнæ и -, кæрддзæмæй... Мæ хуры хаи... дæ ном нæ дзурын . л, .. барæй... Кæддæр уыдтæ мæ сонт митæм фыдæхау Кæд мын сæ ныр, фæстаджы бон, ныббарайу — Мæ уд дæм хъуамæ базыртыл фæтæха. Уыцы рæнхъытæ æрмæст хæсты фæстиу- джытæ не ’вдисынц. Уым зыны Калоты Аазбийы стыр уды фæстаг ферттывд дæр. Гъе, афтæ нын равдисынц хæсты темæиыл фыст ие ннæ æмдзæвгæтæ дæр Надгериты Темырхан, Хъазыбегты Хъазбег, Хуыдæлты Темырсолтан, Гæздæнты авд лæппуйы æмæ æндæрты сурæттæ. Ахæм логикæ ис Алык- сандры иннæ поэтикон дагъты дæр æмæ сегас та иумæ баххæст кæнынц сæ авторы сурæт. Цæрукъаты Алыксандрæн йæ хъуы- дыйы поэтикон хызæг уæлдай аив рауайы, психологийы ивæнтæ анализ куы фæкæны, уæд. Фæлæ йæм æнæ поэзи нымады ницы ис. Иæхæдæг æдзух ракæс-бакæс кæны позицийы хуызфыст дунейы хуылфæй æмæ поэзи судзы йæ адæймагон æрдзы мидæг. Афтæмæй сæ иу се ’ннæйы баххæст кæны æмæ иугæр дзырд ахæм æмахастытыл цæ- уы, уæд ын йæ сурæт агурын хъæуы уым. Ахæм фадат ын æппæты хуыздæр фæвæй- йы, «Мæнмæ ис иу бæллиц», «Монолог» æмæ «Мæ кувæидоны къæсæрыл» цы дагъ- мæ бахастам, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Уым поэты цæсты рухс баххæссы тынг арф. Дунемæ афтæ куы сидтис, «Мæнмæ ис иу бæллиц: уæлмæрдæн æз райсин сау хæх- ты лæгæт, — Куы ’рцæуин уарзондæр æм- гæрттæн сæ къухæй айнæгыл ныгæд», зæгъгæ, уыцы рæстæг аивгъуыдта. Уыцы хъуыды ма стæй дæр фæлхатт кæны, фæ- лæ йын уым йæ ныстуан ныкъабæзтæ код- та, фыдгæнд æмæ хæрзиуæджы тохы са- гъæс кæй кæны, уый. Царды хуылфмæ арф куы ныккаст, уæд æй бауырныдта, «Фыдгæнд цъæх бирæгъ» йæхицæн фысдзармæй «зы- гъуыммæфæлдæхт кæрц» кæй саразы æмæ хæрзиуæджы хуызы бацæугæйæ, хæлар- зæрдæ адæймæгты кæй фæсайы. Афтæмæй суанг абоны онг фæцыд, адæймагад цы фæндагыл фæцыд, ууыл æмæ нырма дæр хъуысы йæ карды зæлланг. «Монолоджы» поэт æлгъиты сфæлдисæджы, Иудæ æмæ Чырыстийы æхсæн тох кæй нæма фæцис, «Нырма æрвон æнусæмбай тæразыл» Хæ- рам æмæ Рæстад æмуæз кæй сты, шайтан æмæ Архангелæй йæ кард кæй ничима аппæрста æмæ уый та æппæт уыдæттæм либералы цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй. Цы ’рцыд зæххыл, Кæй хъомыс у, цæй азар? Адæммæ зин куыд æрхъуызыд фыдаз? Куы сау дæлимон махæн у фæндагсар, Куы та фæхæцы Уастырджи йæ фарс. Хъаймæтæйирвæзт дуне байдзаг контраст- ты цъæхахстæй. Поэтæй æппæты тынгдæр риссы, фыдгæнд æмæ хæрзиуæг æмхуызон хотыхæй кæй хæцынц æмæ сын сфæлдисæг тох кæныны æмхуызон бартæ кæй радта, уый. 63
Поэмæ «Мæ кувæндоны къæсæрыл» йæ тызмæг хъæлæсыуагæй поэты æргом ныха- сæн фæуæрæх кодта йæ масштабтæ æмæ йын йæ пафосыл схæцыд уæлдæр къæпхæн- мæ. Сфæлдисæджы «либералон» ахастыты фыдæй хæццæ-мæццæ хорз æмæ æвзæры æхсæн бæрæг хахх ауадзыны сæраппонд æрмæст рафт-бафт нæ кæны адæймаджы миддунейы, фæлæ йæ аив дзырдæй сыз- мæлын кæны, сæ инертондзинады фыдæй психологийы бадт пъæра йæ бынмæ цы мбарынæдтæ ныцъцъырдта, уыдон. Уым æрмæст хатдзæгтæ нæ кæны æмæ йæ фип- паинæгтæ йе сфæлдисæджы цæстмæ аивæй нæ дары. Уым поэты хъуыды адæймаджы бадт миддунейы йæхи ауагъта арфдæр æмæ дзы æнæзмæлгæйæ хъуына цы мбарынæд- тыл схæцыд, уыдон сæ бынæттæй фезмæ- лын кодта. Уым йæ зæрдæргомгæнæн ны- хас хъуысы фæдисы ситтау. Аивадæн йæ хотых йæ къухæй ничи исы, фæлæ тохы агъоммæ йæ хæс у морады закъоны рухсмæ æппæт равзарын æмæ сыл аккаг нæмттæ сæ- вæрын. Иугæр категориты æмтъеры уавæр поэты афтæ тынг тыхсын кæны, уæд «Мæ кувæндоны къæсæрыл» срæмыгъта; се стъæлфæнтæ фæйнæрдæм кæмæн апырх сты æмæ æмбарынæдтæн сæ дамгъæтæй ирдæй чи равдыста, адæймаджы миддуне- йы ахæм æнæвнæлд фæлтæртæ. Гуырысхо- йаг нын’ нал у, æгæрон дунейы талынг æмæ рухсы тох йæ тæккæ тæмæны кæй бацыд æмæ нæ ахæм критикон уавæры æмбæста- гон позици бацахсын кæй хъæуы. «Куынæ уал хъара искæй рис мæ риумæ. Мæхи хъыгтыл дæр сисдзынæн мæ къух», зæгъы, сомыгæнæгау, поэт æмæ йын куыддæр уыцы моралон фæткæвæрд æддагон фæзындты- тæ ныхылын кæнынц, афтæ йæхи фенхъæлы зындоны. Науæд та йæм афтæ фæкæсы, цы- ма хурмæ хус «хъандзалы саст зæнг», кæ- нæ та «раст донхæрæнæй рахаугæ сæргæх- цæй» хъауджыдæр нал ахады. Хæрам æмæ хиндзинад сæхиуыл уæлæмæ куы схæцынц, уæд поэтæн йæ хъуыдытæ свæййынц «сын- тытæ, сау сынтытæ, игæрхортæ, цæсгкъах- джытæ», нал фæхаты «цы ис, цы нæй,» æмæ нал фæиртасы «æцæгдзинад фынæй» Рæст- дзинады уæлахизæй куы фены, уæд мыла- зон сагъæстæ йæ разы сабизæдтæ фестыиц æмæ сын лæгъстæ фæкæны, цæмæй йæ м2- уал ныууадзой. Сæ рухс цæстыты ссары йæхи æмæ йæ «сау ингæнæй» сисынц уы- дон. «Рæстдзинад æмæ адæймаджы æууæнк» агургæйæ, поэт цæуы бонты фарны кувæн- донмæ йе ’ртæ чъириимæ лæгъстæмæ. Уым мысайнагæн æвæры «Иæ зæрдæйы сыгъ- дон», «Йæ уды ’ртхутæг», йæ хæлд игæры сау кæрдих æмæ йын кувы йæхи цæссыгæй- едзаг сыкъайæ: 0, бонты фарн, Зæдау æдзæстхизæй æртæхæнт Рæстдзинад æмæ адæймаджы æууæнк, Æрцæрæнт а-зæххыл Кæрдæгæй арæхдæр. Ныххизæт зæрдæтæ, Нывæрæнт цæстыты сæ рухс! Кæд мард ысты, Æрæгас уæнт Чырыстийау фæстæмæ! —«Мæ кувæндоны къæсæрыл» йæ поэти- кон хъуыдыйы хæлбурцъимæ у фæлгонцы чыргъæд, фæлæ æнæуый дæр Алыксандрмæ æз никуы федтон дырыс хынцынады амын- дæй фыст рæнхъытæ. Уымæн йæ поэтикон хъуыдыйыл æрвылхатт дæр къухдариуæг кæнынц уæлтæмæн æмæ экстаз. Уыцы дыу- уæ тыхы куы еиу вæййынц æмæ сæ интуи- ци куы феккуырсын кæны, уæд сæ поэтикон барæнты джиппы та ауадзы бæрндзинад адæм æмæ фыдыбæсты раз. Тициан Таби- дземæ ис ахæм поэтикон рæнхъытæ, «æм- дзæвгæйы æз нæ фыссын, æмдзæвгæ мын мæхи фыссы», зæгъгæ. Æцæгдæр, Цæрукъа- йы фырт йæхæдæг нæ фыссы æмдзæвгæтæ. фæлæ йын йæхи ныффыстой «Ос — Бæ- гъатыры фæстаг æхсæв», «Монолог», «Мæ кувæндокы къæсæрыл», «Гамлеты хъын- цъым», «Данте», «Рагон мард ыскъахтой», «Фæстаг хъуыды», «Дæ дыууæ къухы», «Сагъæс», «Микеланджело», «Рафаэль», «Фæхицæны размæ», «Балладæ авд æфсы- мæрыл», «Æфсымæры сурæт» æмæ бирæ уыдон хуызæн бæрзонд аивады æмдзæвгæ- тæ. Афтæмæй йын йе ’мдзæвгæтæ фыссынц йæ сурæт æмæ нын нæ разы слæууын кæ- нынц бæрзонд эстет æмæ эрудиты. ТУГЪАНТЫ ЭНВЕР САНАХЪОТЫ МАТЕ Мæ фыд—нывгæнæг Тугъанты Махарбег Цæгат Ирыстонæй Хус- сар Ирыстонмæ куы ралыгъд йæ бинонтимæ цæрынмæ, уæд адард- дæр кодта, мидхæсты цаутæ цы бынæтты цыдысты æмæ дзы хайад чи иста, уыдоны эскизтæ аразыны куыст. Мидхæсты хайадисджытæй и\- уыд, канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Кавказы иннæ нациты æхсæн дæр йæ ном кæмæн ныхъ- хъæри, уыцы удуæлдай хъæбатыр Санахъоты Мате. Уый махмæ, ам Цхинвалы, уыд къорд хатты. Мате- йыл уыд æфсæнвæндаджы милицæ- йы дарæс. Бæлвырд æй нал хъуыды кæнын, цал шпалы йыл уыд, уый. Мате лæмбынæгæй фæдзырдта мæ фыдæн, йе ’мбæлттимæ мидхæсты 64
кæмыты тох кодтой, уыцы хабæрт- тæ. Иубон нæм æрбахаста йæ мы- синæгтæ фыстæй æмæ сæ ныууагъ- та Махарбегмæ. Уый сæ бакаст æмæ сæ рафыста. Фæлæ уый фæстæ цы фесты, уымæн ницы зонын. Нал разындысты нал дæр Матейы къух- фыстытæ, нал дæр, мæ фыд кæй рафыста, уыцы экземпляр. Мате æмæ иннæ партизанты мы- синæгтæм гæсгæ, Махарбег сарæзта дыууæ нывы: «Хуссарирыстойнæгты фæстæмæ алæуд Ручъы хохы сæр- ты» æмæ «Партизанты æмбырд хъæды». Фыццагнывы партизанти- мæ ис Санахъоты Мате. Дыккаг ны- вы Санахъоты Матейæ дарддæр сты Дзаттиаты Алыксандр, Гæдиа’^м Никъала (Крамаренко), Карсанты Писыр æмæ æнд. Уыцы дыууæ нывы (ис сын историон стыр нысаниуæг) сæ рæстæджы куынæггонд кæй не ’рцыдысты, уый мæн абон дæр дисы æфтауы. Дзæбæх хъуыды кæнын, иухатт нæм Санахъоты Матеимæ æрбацыд Бутырина Зинаидæ. Уыцы сылгой- маг уыд Терчы Республикæйы раз- дæры адæмон къамисар Бутырины бинойнаг. Бирæ цæуылдæрты фæ- ныхас кодтой мæ фыд, Мате æмæ Зинаидæ. Фæстæдæр уый ныффыста уац Хуссар Ирыстоны цауты тых- хæй. Мыхуыр æрцыд журнал «Борь- ба классов» —Махарбеджы ныв- тæй фототæ систа æмæ уыдонимæ. Уæлдæр æй куыд загътон, аф- тæмæй йæ хъæбатырдзинадæй стыр ном скодта йæхицæн Сакахъоты Мате. О, фæлæ, архивтæ змæнтгæ- йæ, æрæджы иу диссаджы æрмæгыл фæхæст дæн. Дзырд дзы цæуы Са- нахъоты_ Матейы тыххæй. Афтæ мæм кæсы, æмæ ирон чиныгкæсæг куы базонгæ уа йемæ, уæд лæмбы- нæгдæр базоцгæ уыдзæн Сана- хъоты Матейы цардвæндагимæ. Уæдæ афтæ: 1907—09 азты уырыссаг геог- рафион æхсанады экспедици (йæ разамонæг—академик Козлов П. К.) уыд Уæлхох Азийы, æмæ уый тыххæй фæзынд чиныг 1923 азы «Монгол æмæ Амдо, æмæ мард го- рæт Хара-Хото.» Чиныджы фыццаг фарсыл ахо- рæнæй фыст: Хара-Хотойы экспе- Дицийы 1907—09 азты мæ хъæбатыр æмбæлццон Санахъоты Мате Иваны 5- Журн. «Фидиуæг» № 12. фыртæн. Козлов П К. Апрель, 1924 аз. Фарстæуы: куыдæй уыд зындгонд ахуыргонд æмæ бæлццонæн Сана- хъоты Мате йе ’мбæлццон? Не ’нусы райдианы фыстой академик Козло- вы диссаджы раргомгонд бирæ зо- надон куыстыты тыххæй. Мæскуыйы фæзуаттæй иуы æвæрд æрцыд Плевнайы сæрыл тохы 1876 —77 азты Уырыссаг-Турчы хæсты фесгуыхæг м,æскуыйаг гренадерты дивизийы салдæттæн цырт. Уыцы дивизийы службæ кæкын нымад уыд кады хъуыддагыл. Мæскуыйаг гренадертæ хъахъхъæдтой Кремль æмæ хицауады бæстыхæйттæ. Сана- хъоты Мате йе фсæддон службæ райдыдта мæскуыйаг гренадерон дивизийы рæнхъон салдатæй. Ивгъуыд æнусы æмбисы арæзт æрцыд Уæрæсейы географион æх- сæнад. Уый арæзта зоналон экспе- дицитæ Сыбыр, Китай, Монгол æмæ æндæр рæттæм. Хъæзныг æр- мæджытæ сæ къухы бафтыд Пота- нины, Обручевы, Семенов-Тянь- Шанскы, Пржевальскийы æмæ æн- дæр зонадон экспедицитæн. Не ’ну- сы райдианы йæ кад дардыл ай- хъуыст Козловы экспедицийæн. Уый къухы бафтыд 1906—07 азты сæр- гом кæнын Монголы æдзæрæг ран «Мард горæт Хара-Хото.» Акаде- мик Козлов П. К- чиныджы фыццаг фарсыл цы ныффыста, уымæй дæр æмæ чиныгæн йæхи хъуыдыйæ дæр бæрæг у, Санахъоты Мате ацы экс- педицийы хайад кæй иста, уый. Монгол æмæ Китаймæ цы экс- педици цыд, уый сконды уыд 14 адæймаджы. Йæ разамонæг уыд Козлов П. К., стæй æртæ зонадон кусæджы: Чернов А. А., Напаля- ков П. Я, Четыркин С. С. æмæ Мæс- куыйы гренадерон дивизийæ 10 сал- даты — экспедиццйы хъахъхъæн-' джытæ. Уыдонимæ уыд Санахъоты Мате дæр. 1907 азы 10-æм ноябры экспе- дици араст Мæскуыйæ Иркутскмæ æфсæнвæндагыл, уырдыгæй та Уæл- лаг Иркутскмæ цыдысты бæхтыл, сæ уæргътæ та сæвæрдтой теуатыл æмæ 28-æм декабры бахæццæ сты Китай æмæ Монголы æмарæнтæм. Сæумæцъæхæй-иу араст сты балцы, стæй-иу баулæфыны тыххæй айтыгъ- 65
той цатыртæ. Фæндаг уыд уæззау, боныхъæд — тынг уазал. Бирæ хатт- иу уазал схызт 4СП градусмæ. 1908 азы Ногбоны экспедици уыд фæн- дагыл æмæ улæфты рæстæджы ака- демик Козлов П. К. раарфæ кодта æртæ гренадерæн, уыдонимæ уыд Санахъоты Мате дæр, унтер-офи- церы чинтæ сын кæй радтой, уый тыххæй. Загъта сын, цæмæй сын сæ дарддæры балцы дæр уа æнтыс- тытæ. Куыд зыны, афтæмæй Сана- хъоты Матейæн 1908 азы райдыдта хорз Ног аз. Карз зымæджы дæр экспедици цыд æдзæрæг тыгъд бы- дырты. Уый тыххæй Козлов П. К. афтæ фыста: «Хъызты сабырдзинад æппæтыл дæр æрæвæрдта йæ уазал гакк, нæ карауаны сфæлыста йе ’взистгъуыз халасæй æмæ уазалæй рызтыстæм, аф|гæмæй цыдыстæм дардæй дарддæр. 10-æм январы нæ карауан ба- хæццæ Ургумæ. Ардыгæй та дыууæ къуырийы фæстæ нæ кых сарæзтам Монгойлаг Алтайы ’рдæм. Фæндагыл рæстæг згъордта тагъд, æмæ-иу бон кæуылты аивгъуыдта, уый нæ ба- фиппайдтам. Нæ экспедици цыд хуссарæрдæм. Уалдзæг æрæввахс, хур бонтæ фæхъармдæр сты. Боны балцы фæстæ-иу нæ карауаны хъуыд баулæфын. Ахæм рæстæджы-иу айтыгътам цатыртæ, цæттæ кодтам сихор, экспедицийы уæнгты бдно- ныгдæртæ кодтой "сæ боныгтæ, сæ хъусдарды цымыдисаг хабæрттæ,' сихор бахæрд æмæ метеорологион хъусдарды тыххæй-иу сæ фыстытæ куы бабæстон кодтой, уæд-иу уай- тагъд хуыссынмæ фесты. Хъахъ- хъæнджытæ та-иу ноджы раздæр схуыссыдысты. Фæлæ-иу уыдок стгæ дæр раздæр скодтой. Зымæджы рæстæджы уæлдай зындæр уыд хъахъхъæнджытæн.» Козлов П. К. уый тыххæй дарддæр фыссы: «Бо- нæй-бонмæ хастам æхсæвыгæтты хъахъхъæныны службæ дыууæ сме- нæйæ. Гъе, афтæмæй нæ бахъуыд хъызт рæстæджы фондз сахаты лæууын. Уый мæнæ-мæнæ æнцон нæу. Æрмæстдæр уырыссаг гренадер æмæ ’ хъазахъы бон у бафæразын æппæт зындзинæдтæн æмæ хъуаг- дзинæдтæн зымæгон балцы. Уый мах-' мæ, сæ хистæр æмбæлттæм, æвзæрын кæны уыдонмæ уарзондзинад, уы- донæп аргъ кæныны æнкъарæнтæ. Экспедицийы хъахъхъæдад иу хуы- зы фыдæбон кодта, мах иннæ хуызы, афтæмæй не ’ппæт дæр чысылгай æххæст кодтам вазыгджын бæрнон хæс» — Фыста йæ хыгъдлæвæрды академик Козлов П. К. Кæй зæгъын æй хъæуы, экспе- дицийы разамонæджы уыцы ныхæс- тæ хаудтой нæ хъайтар Санахъоты Матемæ дæр æмæ нын ныртæккæ уыдон бакæсын хæссы æхсызгон- дзинад. Январы æмæ февралы фæцыдыс- ты Гобийы æдзæрæг рæтты, ахыз- тысты 1 урбун-Сохтаны рагъыл æмæ æнæдон æдзæрæг рæттæй бацыдыс- ты Сого-Норы цадмæ. Ам чысыл сæ фæллад суадзыны фæстæ Козловы 11. К. экспедици йæ ных сарæзта царциаты горæт Хара-Хотомæ. 15- æм м-арты семæ ахастой донфæса- уæрц, продукттæ æмæ археологон скъæхтыты тыххæй кусæнгæрзтæ, æмæ уал фыццаг хатт ацыдысты иу къуырийы æмгъуыдмæ. Дардæй сæм разындысты, змис йæ быны кæй фæкодта, уыцы горæты мæсгуытæ æмæ къултæ. Змисы- бын кæй фес- ты, уый руаджы хорз аирвæзтысты. Уаигагъддæр дзы ссардтой зынаргъ дзаумæттæ. Гренадер Санахъойы фырт иу бæстыхайы ссардта буд- дистон хуыцауы ныв æмæ 12-æм æиусы китайаг гæххæттын æхцайы скъуыдтæ. Козловы экспедици зонадæн бай- гом кодта мард горæт Хара-Хото. Академик Козлов П. К. сфæнд код- та фпдæымæ Хара-Хотомæ ногæй æрцæуын æмæ дзы бинопыг архе- ологон куыстытæ бакæиын. Æмæ уый та йæ къухты бафтыд Советон хицауады рæсгæджы, 20-æм азты. Экспедици дыууæ къуырийы фæс- тæ араст дарддæр хуссары ’рдæм Алашаны æдзæрæг раныл. Барджы- тæ балцы ацæуыны размæ сæ бæх- тæ раивтой теуатæй. Алашаны æдзæ- рæг ран уыд тыкг зын балц æмæ ахаста 25 боны. Æппынфæстаг, дар- дæй разынд æдзæрæг бæстæйы оази- сы (дон æмæ бæласджын рап) тæк- кæ астæу горæт Дунь-Сунь-ин. Ала- шапы оазисы бынæттон хицæуттæ хорз райстой экспедицийы. Экспё- дици адих хицæн къордтыл. Ахуыр кодтой областы геологи, флорæ (зайæгойтæ) æмæ фаунæ (цæрæ- гойтæ). Июлы райдпаны экспеди- 66
цийы картогр’аф, капитан Напалков, Санахъоты Мате йын чегъре уыд, афтæмæй араст Гутчинойы æрдæм Маньч Жоу-фуйыл Синины онг. Уы- дон хъуамæ Синины банхъæлмæ кастаиккой Козловы æрбаздæхын- мæ Кукуноры цадæй. Напалков æмæ Санахъойы фырт сæ бæхтылæрзыл- дысты Китайы æртæ провинцийы фидæртты алыварс, стыр цæугæдæт- ты былгæрæттыл. Академик Козловы экспедицийы Санахъоты Мате хайад кæй иста, уый уымæн стыр æмæ ахсджиаг хъуыддаг уыд. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, лæмбынæг каст æцæгæ- лон бæстæмæ, йæ цæрджытæм. Уы- донæн бынтон æндæргъуызон уы- дысты се ’гъдæуттæ, дин æмæ се ’ддаг бакаст, Кавказ æмæ Уæрæ- сеимæ абаргæйæ. Сæрды кæрон экспедици æрæм- бырд Синины. Козлов П. К. æрбаз- дæхт Куку-Норы цадæй, Напалков æмæ Санахъоты Мате та Ганьсуйы провинцитæй. Уыдон басгæрсто Гг Сининмæ æввахс моладзандæтты.* Ахуыр кодтой буддизмы дин, аивад, æрдз æмæ нациты цардуаг. Козловы экспедици улæфыдис Китай, Монго- лы, Тибеты. Ацы районы цардысты хæццæйæ китайæгтæ, монгойлæгтæ, тибетаг бирæ адæмы знæмтæ, ки- тайæгтæ — зæхкусджытæ, монгол — цæугæцардгæнджытæ, иуæй-иу хатт та зæххыкуыстгæнджытæ, æмæ ти- бетаг знæмтæ та цæугæцардгæн- джытæ. Моладзандæтты уыд бирæ адæм, иуæй-иу хатт æнæхъæн чысыл горæттæ, сауджынтæн сæ фылдæр хай уыдысты тибетæгтæ. Моладзан- дæттæ æмæ дзуæрттæ сæ архитекту- рон арæзтæй уыдысты цымыдисаг, сæ мидæг æвæрд уыд аивады иттæг зынаргъ цыртдзæвæнтæ. Экспедици Синины фембæлд йæ 1908 Ног азыл. Экспедицийы разамонæг Козлов П. К. Ног азы арфæ ракодта хъахъхъæ- нæг æппæт æмбæлццæттæн, сæ ра- дон унтер-афицеры чинимæ. Сининмæ хæстæг уыд Амдойы ’область, цардис дзы абырджыты знæмтæ. Уыдон уыдысты сæ кънйæз- ты дæлбар. Кънйæзтæ сæхæдæг уы- дысты абырджыты атамантæ. Алы къорды дæр уыд сæдæгай адæймæг- тæ. Козловы тынг цымыддис кодта Амдойы район. Уый æрæнцад бæр- зонд ран, Тибетмæ хæрз æввахс. Амдойы хæхтæй райдайы Китайы сæйраг цæугæдон Хуан-хе. Тынг зын бацæуæн сæм уыд. Ардæм Астæук- каг Китайы хицауадæн хъуыстой æрмæстæр йæ кой, æндæр сæм йæ бархъомысад никæцырдыгæй хæццæ кодта. Область уыд æнæхъæнæйдæр йæ абырæг кънйæзты къухы, уымæ гæсгæ экспедици сфæнд кодта иу ахæм кънйаз Луццойы бардарад басгарын. Фæлæ сын Синины китайаг хи- цæуттæ цæхгæр «нæ»-йыл ныллæу- уыдысты, уый тæссаг район у, зæгъ- гæ. Синины губернатор П. К. Коз- ловæй райста къухфыст, зæгъгæ, уыл Амдойы исты фыдбылыз куы æрцæуа, уæд Китайыл кæй нæ ба- хъаст кæндзыстут, уый тыххæй. Æп- пæт уыцы зындзинæдтæ æмæ фæ- дзæхстытæм нæ кæсгæйæ, Козлов П. К. зымæджы тæккæ карзы абалц кодта Амдомæ. Йæ экспедици цыд, кънйаз Луццойы æлдариуæг цы рай- онæн кодта, ууылты. Синины ма куы уыдысты, уæд фæхатыд Коз- лов П. К., цы стыр хицæндзинад ис китайæгты, монголты культурæ (сæ уæздандзинад æмæ уазæгæн лæггад кæнын) æмæ ронбæгъд, æна- хъинон, æнæахуыргонд æмæ чъизи амдойæгты ’хсæн. Куыд абырджы- тæ, афтæ амдойæгтæ аргъ кодтой æрмæстдæр сæ хотыхтæ æмæ сæ бæхтæн. 8-æм январы Козловы экспе- дици сæ теуаты раивтой яктæй æмæ абалц кодтой Амдомæ. Экспеди- цийы адæм сæ хъахъхъæнджытимæ зыдтой, цы уавæры сты, уый æмæ æхсæвæй-бонæй къæрццхъусæй хъахъхъæдтой сæхи фыдбылызæй. Иуæхсæв кънйаз Луццо сфæнд кодта экспедицимæ бабырсын æмæ йæ бастигъын. Уый тыххæй мæнæ куыд фыссы Козлов П. К. 1908 азы: «Мæ хъуыдыты тарфмæ нæма ба- хæццæ дæн, афтæ æваст хъæр не ’ппæты дæр цырд фестын кодта. Уыд æхсæвы дыууадæс сахаты. Цырд- дзаст гренадер Санахъоты Мате уайтагъд ныхъхъæр кодта: «Æрбалæбурдтой нæм, уæлæмæ сыстут!» — æмæ æхсын райдыдта, фæстæмæ лидзынмæ чи фæцис, уы- цы бынæттон дыууæ барæджы. Æдæппæтæй рацыд иу-дыууæ минуты бæрц, æмæ мах иууылдæр рагæппытæ кодтам нæ кæттаг ца- 67
тыртæй, кæй зæгъын æй хъæуы, чи нæ куыд æрхуыссыд, уыцы дарæсы, нæ къухты хæцæнгæрзтæ, афтæмæй. Фæлæ дзы ничиуал уыдис, æрмæст ма хъуыст, чи ниййарц, уыцы бæхты къæхты цырд æмæ сæртæг хъæр. Куыддæр нæ дарæс акодтам, нæ хотыхтæ рæвдз’ райстам æмæ хæс- тон лæуд акодтам, афтæ, чысыл раздæр барджытæ кæдæм фæты- лиф кодтой, уыцы ныгуылæкы ’рды- гæй ’ æрбайхъуыст ногæй бæхты къæхты хъæр. Уый цадæггай кодта тынгæй-тынгдæр æмæ, нæ лагермæ куыд æввахсдæр кодтой, афтæ ра- зындысты сау стъæлфытæй. Январы талынг æхсæв уыд иунæг æвдисæн, армыдзаг уырыссæгтæ æмæ хъæд- даг сæдæгай амодойæгты ’хсæн цы хабар æрцыд, æппæт уыдæттæн.-Уы- док фæдисæй æд арцытæ уадысты фæсарæйнаг чысыл лагермæ. 400— 500 метрмæ сыл ныккалдтам топпы кæмгуытæ. Нæ топпыты нæмгуыты зынг сæнт рухсæй æрттывта тар æх- сæв. Абырджытæ нæ бафæрæзтой ахæм тыхджын цæхæры кыхмæ, хъуыд ма сæ иу-сæдæ къахдзæфы бæрц, гъе та, чизоны, уымæй дæр къаддæр нæ лагермæ, афтæ фæс- тæмæ фездæхтысты цæгаты ’рдæм æмæ фæаууон сты арф æрхы. О, фæлæ сабыр æхсæв уазал салд зæх хыл сæ бæхты къæхты уынæр хъуыс- ти дзæвгар рæстæг. Æппæт ацы ха- бæрттæ афтæ тагъд, афтæ фæдисæй æрцыдысты, æмæ нæм сæ райдианы фæкастысты фыдфынтау. Уый уыд цавæрдæр тыхджын зилгæдымгæ кæнæ та карз уад. Уый кæцæй ра- тахт кæнæ кæдæм згъордта, уымæп иунæг хуыцау уыд йæ зокæг... Зæгъгæ, мах не ’ппæт дæр хæс- тæввонгæй нæ лæууыдыстæм уыцы тæссаг тыхдымгæйы ныхмæ, уæд гæ ницы фервæзын кодтаид, арц æмæ æхсаргардæлвæст абырджыты æвпп- пайды ныббырстæй. Æцæгæйдæр, зæгъгæ, абырджытæ нæ рарвыстой сæ разсгарджыты, цæмæй кын скуы- нæг кодтаиккой не ’хсæвхъахъхъæп- джыты, уæд мах хъуыддагæн ницы базыдтаиккам, . æхсæвы фæдисмæ нæ рагæппытæ кодтаиккам æмæ уæд, æвæццæгæн, сæ фæнд фæрæ- стмæ уыдаид — æхсæвы тары се ’рбабырст йæ сау ми бакодтаид! Фæ- лæ хъысмæт æндæргъуызон тæрхон скодта... Æмæ куыд нæ хъуамæ æу- уæндон æз мæ фæндамонæг «амонд- джын стъалыйыл?»... Æмæ Козлов П. К. фыссы дард- дæр: Афтæ æнæнхъæлæджы цы ха- бæрттæ æрцыд, æппæт уыдонæй не ’муд нæма æрцыдыстæм, афтæ кънй- аз Лу-Хомбо æмæ йæ фырты ’рды- гæй æрбайхъуыст хъæртæ: «Цы ха- бар у, уырыссæгты не скарстой нæ сыхæгтæ, не знæгтæ, цæй тыхджын хотыхты хъæр у!» æ. а. д. Афтæ нын бамбарын кодта, фыртæсæй йæхи- цæь бынат чи нæ ардта, уыцы си- нинаг тæлмацгæнæг. Цæмæй йæ цы- мыдисдзипад басабыр кодтаид, уый тыххæй зæронд кънйаз Луццо æр- барвыста йæ фырты нæ лагермæ. Уый тыкг фæдис кодта, сæрæгас, æнæ исты зиан æрцæугæйæ æмæ. нæ хæстифтокг лæугæйæ куы федта, æмæ ког æрбабырстмæ æнхъæлмæ куы кастыстæм, уæд... Нырма нæм дардæй хъуыстысты хъæддаг хъæр- тæ, юппы гæрæхтæ, æмæ не ’ппæ- тæн дæр цыдæр æвирхъау тас æн- цойдсипад кæ лæвæрдта, дардта пæ мплмæ дзæвгар рæстæг... . Мах нал æууæндыдыстæм уыцы æнаккæгтыл æмæ, адзалы дзæмбы- тæй фервæзгæйæ, æд дарæс, нæ хб- тыхтæ æмæ кæмгуытæ нæ хъæбысы, афтæмæй экспеднци æрвыста йæ зымæг æгасæйдæр.» Æртындæсæм январы Козлов П. К. раарфæ кодта йæ бæдæйнаг æмбæлццæгтæп радон унтер-офи- церы нæмттæ сын лæвæрд кæй æр- цыдис, уый тыххæй. Æрмæстдæр Санахъоты Матейы цырддзастдзинад фервæзын кодта экспедицийы фыдбылызæй. Боны тых æмæ амæлттæй баныхас кодтой къп;йаз Луццо-Лу-Хомбоимæ, цæ- мæй сын уый раттаид фæндагамон- ;)жытæ æмæ уаргъхæссæг хайуантæ сæ дарддæры фæндаджы тыххæй Лзвраны моладзандоны онг. Дыууæ къуырийы дæргъы, тæккæ зымæджы карзы Тибеты хæхтыл, кæрæдзимæ знаджы зæрдæ чи дардта, уыцы зкæмты ’хсæкты цыд экспедици — æмæ январы кæронмæ бахæццæ сты Лавраны зындгонд стыр моладзан- донмæ. Лавраны æхсызгонæй сæмбæл- дысты экспедицийыл. Бацин сыл кодтой моладзандоны хицæуттæ 68
дæр. Экспедици ардæм æрбацыд ди- ны стыр бæрæгбоны рæстæджы. Бæлццæттæ дины æгъдæутты митæ федтой сæхи цæстæй. Моладзан — ламтæ сын фенын кодтой моладзан- доны реликвитæ. Бирæ фæныхас кодтсй дин æмæ историон темæтыл. Дыууæ къуырийы йæ рæстæг ам ар- витыны фæстæ (хицæуттимæ кæрæ- дзийæн зынаргъ лæвæрттæ бакæн- гæйæ, буддагау хадактæ ратгæйæ) Козлов П. К. агагъд кодта Гумбулы люладзандонмæ, цæмæй фембæлда- нп, Пекинæй Тибгтмæ чи раздæхт, \тыцы Далай-Ламимæ. Козлов П. К. рæстæгмæ фæхи- цæн экспедицийæ æмæ æхсæз адæй- магимæ фæцæуæг Гумбуммæ. Ба- хæццæ Гумбумы моладзандонмæ æхсæз боны фæстæ. Стыр æхсыз- гондзпнадимæ йæ райста Далай- Лам. Æрвылбон дæр Далай-Лам йæхимæ хуыдта уырыссаг бæлц- цоны. Дард æмæ уæрæхыл кодтой ныхас. Далай-Ламæй хуыдта сæхимæ Лхассумæ. Фæлæ Далай- Ламы хуындмæ ацæуын нæ уыд йæ бон, уымæн æмæ тагъд кодта уалдзæг æрбалæуды рæстæджы Ха- ра-Хотойы археологон къæхтытæ кæныимæ. 15-æм мартмæ экспедици пууылдæр ногæй æрæмбырд Хуан- Хейы цæугæдоны был горæт Лань- чжоумæ. Иу къуыри фесты Лань- чжоуйы, китайаг бынæттон хицæут- тимæ кæрæдзийæн лæзæрттæбэкæн- гæйæ, æмæ сын зæрдиагæй хæрзбон зæгъгæйæ, экспедици 23-æм марты араст йæ зонгæ фæндагыл Алашан- мæ. Уæззау æмæ дард фæндаджы фæстæ уыдон бахæццæ сты кънйаз Дынь-Юань-ины сахармæ. Ам сæхи дон æмæ хæлцæй срæвдз кодтой æмæ та экспедици йæ ных сарæзта Хара-Хотомæ. 23-æм майы экспеди- ци бахæццæмард сахар Хара-Хото мæ. Дынь-Юань-инæч Хара-Хотомæ 19боны дæргъы экспедици ацыд 550 версты. Иу бон баулæфты фæстæ райдыдтой орхеологон къæхтытæ. Горæты бæстыхæйтты къултæ æм- бисæй дæлæмæ змисы аныгъуыл- дысты, йæ уынгтæ æмæ кувæндæтты хæлдтытæ зындысты. Уайтагъддæр сæ цæст æрæвæрдтой горæты сисы æддейæ æрдæгхæлд сабурганыл. Ар- Дыгæй райдыдтой сæ къахыны куыс- тытæ æмæ нæ фæрæдыдысты. Сг- бурганы мидæг стыр тептникы ра- зынд алы взæгтыл дæсгай чингуы- тæ, къухфыстытæ, документтæ, брон зæ æмæ хъæдæйконд статуйæтæ, гауызтæ, дзуæртты нывтæ æ. а. д. Гæнæн ис æмæ афтæ æнхъæлæм, зæгъгæ, тангутты æппæт уыцы хæз- натæ бамбæхстой, 12-æм æнусы, монголтимæ куы хæцыдысты, уыцы рæстæджы. Козлов П. К. Хара-Хо- тойы цы диссæгтæ ссардта, уыдон археслогийы уыдысты егъау цауыл нымад. Æппæт уыцы хæзнаты хъуыд бафснайын æмæ музеймæ арвитын. Ссарæггæгты ’хсæн уыдысты тибе- таг, китайаг, индиаг арæхстджын дæсныты уацмыстæ, чингуытæ, къух- фыстытæ, æмæ уыдон сахуыр кæнын та домдта бирæ. азты куыст æмæ рæстæг. Æмæ бæрæг уыд, Хара-Хо- тойы кæй бахъæудзæн дзæвгар аз- ты археологион ног къæхтытæ кæ- нын. Козлов П. К. фыста: æдзард го- рæт Хара-Хотойы иу-цыппар къуы- рийы бæрц тæккæ уæззаудæр бакус- гæйæ, æмæ археологион æгъдауæй цы бакæнинæгтæ уыдысты, æппæт уыдон саразгæйæ, куыд горæтæн йæ мидæг, афтæ йе ’ддейæ дæр, бæлццæттæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой сæ дарддæры фæндагмæ. Иугæндзонæй дзæгæрæг хуры, ры- джы бын кæй уыдысты, æмæ сын нуазыны дон кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ сæхи хатыдысты тынг фæллад. Се ’ппæт дæр бæллыдысты æрдзы хъæбысы зæрдæрухсгæнæг царды нывтæм, цъæх бæлæстæй æмæ сæ сыфтæрты сыбар-сыбурæй, цъæх кæрдæджы уымæладæй удæхцон- дзинад райсынмæ... Æхсæрдæсæм июны нæ карауан тынг зынаргъ æмæ уæззау историон уæргътимæ Такуйы сахары ныгуы- лæн кулдуарæй рахызт æмæ цæ- гат-ныгуылæн къулты фæрсты йæ ных сарæзта Эцзин-голмæ. Хырыз, лæбыраг змисыл зынæй цыдысты нæ хайуантæ, тыххæй ис- той сæ къæхтæ, фæлæ уыдыстæм ныфсджын æмæ хъæлдзæг... Мах баулæфыдыстæм æмæ нæхи æрбæстон кодтам Эцзин-голы, уый фæстæ нæ экспедицийы карауан Монголы змисджын æдзæрæг рæт- ты араст йæ фæндагыл, цыдыстæм нæхимæ — нæ райгуырæн бæстæмæ. Фæндагыл-иу æрлæууыдыстæм æмæ баулæфыдыстæм цъайтæ æмæ чыа 69
сыл хъæуты цур æмæ та-иу сабыр- гай араст стæм дарддæр. Цыдыстæм цæгат-хурыскæсæны ’рдæм Ургамæ. Бахæццæ йæм стæм 1909 азы 26-æм июльг. 35 боны дæргъы карауан фæцыдис æдзæрæг рæтты. Æмæ ууыл фæцис экспедици йæ балц. Гренадер Санахъоты Мате рæн- хъон салдатæй схызт хистæр унтер- афицеры чинмæ, хорзæхджын æр- цыд майдантæй, экспедицийы кæй службæ кодта æмæ дзы хайад кæй Чидæр, дам, арсæн йæхи уыдта æмæ йын йæ фæд агуырдта. Ацы мидисджын ирон æмбисонд нæ зæрдыл æрлæууыд, газет «Правда»-йы ацы аз 15 сентябры йæ сæр- магонд уацхæссæг Георгий Лебанидзейы уац «Не страшиться испытаний», зæгъгæ, куы фæзынд, уæд. Уым цæхгæр æмæ быцæу- сайгæ дзырдæуы: «О, Сталин гуырдзиаг у. Иæ псевдоним равзæрд мыггаг Джугашви- лийæ. «Джуга» (Джугъа) рагон г^грдзиаг æвзаджы нысан кæны «Æндон» (Сталь). Афтæ, æмæ уадз макæмæ мацы дызæрдыг- дзинад æвзæрæд, Сталин цы нацийæ уыд, уый тыххæй». Мах (æмæ канд мах нæ!) бацымыдис кодтам, термин Джуга-Джугъа кæцæй исы автор, уымæ. Гуырдзнаг æвзаг хорз чи зоны, ахæмты фæфарстам — ничи йæ зыдта. Нæдæр Сулхан Сабайы, нæдæр Да- вит Чубинашвилийы дзырдуæтты разынд. Æниу уым диссагæй ницы ис. Æвæццæгæн ма, нæ къухы чи нæ бафтыд, ахæм ратæдзæн дæр уæвы. Фæлæ ныры онг адæм зыдтой иу хабар: Иосиф Джугъашвилийæн псевдо- ним «Сталин» схæлар кодта В. И. Ленин, революцион тохты фидар æмæ æнæфæтасгæ кæй уыд, бирæ зындзинæдтæй уæлахизæй кæй рацыд, уымæ гæсгæ. Уый дæр афтæ фод, фæлæ нæм диссаг æндæр хабар кæсы: 109 азы рацыд, Ста- лин куы райгуырд, уæдæй, æмæ нæ абон ногæй бахъуыд, цы нацийы минæвар уыд, етæй уæд йæ мыггаг куыд растдæр у, уый бæлвырд кæныны сæр. Цæмæн? Уымæн æмæ... ирон рæсугъд æмбисондыл та баф- тауæм нæ сæр: «Дон сæрæй рæсуггæнгæ у». Ацы фарст дæр сæрысуангæй мигъвæл- мы ис: бæрæг аххосæгтæм гæсгæ Сталины мыггаг раст фыст не ’рцыд æмæ йыл абон дæр бирæтæ дызæрдыг кæнынц, йæ алы- варс ис быцæуы атмосферæ Иæхæдæг куыд вазыгджын æмæ герметикон натурæ уыд, афтæ свазыгджын йæ мыггаг дæр. Æмæ канд йæ мыггаг нæ. Цы нацийы туг æмæ стаегæй уыд, уыцы фарстæн дæр официалон иста, уый тыххæй. Матейыл, уыцы экспедицийы хайад кæй иста, уый фæзынд хорзæрдæм. Бирæ федта: æндæргъуызон æрдз, æндæргъуызон адæмты. Дзæвгар фæфылдæр сты йæ зонындзинæдтæ. Æмæ, æппын- фæстаг, революцийы рæстæг куы ралæууыд, ^уæд уый нал уыд хуы- мæтæджы рæнхъон адæймаг, фæлæ уыд бирæфенæг, бирæзонæг æмæ зыдта, кæимæ æрлæууа, кæимæ ацæуа, уыцы рæсугъд фæндаг. æгъдауæй уырнинаг дзуапп нырма лæвæрд не ’рцыд. Иæхæдæг йæ фыдæлты традици- йæ нæ ахызт. йæ фыд Бесо йæ паспорты. æвæццæгæн, фыст баййæфта Джугашвили- Джугъашвили, гуырдзиаг нацийæ, æмæ Ста- лин дæр механикон æгъдауæй уыцы ’гъда^ нал фехæлдта. Иу бакастæй афтæ зыны, цыма нæдæр моралон æгъдауæй æмæ нæдæр юридикон æгъдауæй никæмæн ис бындур уыцы хъуыд- дагыл дызæрдыг кæнынæн. Фæлæ рæстæг цыдис, æмæ Сталин Мæскуыйы Кремлы фæтæджы бынат куы бацахста, адæм æй сæ «хурты хур» хонын куы байдыдтой, уæд боны фæткмæ хизын байдыдта æнахуыр фарст: «Цы нацийы минæвар у Сталин, куыд у йе ’цæг мыггаг?». Иæхи бафæр- сынмæ йын уадиссаг йæ ныфс ничи хаста, фехъуыстой, ахæмтыл дзурын æм, иуæй хъыг кæй кæсы, иннæмæй та йып нысани- уæг кæй ницы дæтты, цы уæлдай у, зæгъ- гæ. Фæлæ уæддæр адæмы цымыднс рæст- дзинад базонынæнхъæл сæрысуангæй уы- дис æмæ абон дæр у уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ. Иунæг ирон адæмæн никуы уыд æмæ нæдæр у дызæрдыггаг — Сталины* фыдæлтæ ирæттæ уыдысты æмæ йæхæдæг дæр ирон уыдис, уæдæ цы, зæгъгæ. Æрмæст æй иутæ Дзугатæй хонынц, иннæтæ та — Дзукъатæй. Уыцы фарстыл дзурын, кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзыйæн бирæ æн- цондæр уыд, уымæн æмæ официалон док> менттыл æнцой кодтой. Фæлæ, бæрæг куыд у, афтæмæй ацы фарст уæддæр агайдта бирæты сæрымагъз, цыдæр æнæрæстдзинад дзы хатыдысты æмæ йын агуырдæуыд фи- дардæр бындур, суанг ма сæ бахъуыд ир- тасæн куыстытæ бакæнын дæр ацы мыгга- джы равзæрды фæдыл, историмæ экскурс- тæ саразын. Æниу, куыд бæрæг кæны, аф- тæмæй Джугъашвилитæ, куыд мыггаг, аф- тæ никуы зынынц, нæдæр гуырдзымæ, нæ- дæр ирмæ. Уый у, махмæ гæсгæ, æрмæст- дæр Дзугашвили — Джугашвили — Дзукъа- ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН, БАГАТЫ ЧЕРМЕН ЧИ ДÆ, СТАЛИН? 70
швилийы деформацигонд хуыз Цы аххос- агмæ гæсгæ афтæ рауад, уый сбæрæг кæ- ныны тыххæй нæ къухты ничы ахæм бæл- вырдгæнæн æрмæджытæ ис. Æнæуый, гуырдзиаг æвзаджы фонетикон хийæдтæм гæсгæ, гæнæн ис, æмæ «г» рахиза «гъ»-мæ Фæлæ цæмæн бахъуыд уыцы процессы сæр, чи уыд йæ гæнæг? Æгæрыстæмæн, кæд «Пж\гашвилитæ» гуырдзымæ ис мыггаг, уæддæр? Мах хъуыдымæ гæсгæ, ацы хабар æрцыд зонгæ-зонын, кæнæ та уæды зама- ны регистрацигæнæг чиновникты æнæахуыр- дзинады фæстиуæгæн. Æнæуый та иу хъуыд- даг бæрæг у революцийы агъоммæ хуссай- раг ирон мыггæгтæ, стæм хатты йедтæмæ. иууылдæр фыстой гуырдзиаг кæроннмæ. «швили», «дзе» кæнæ та «ури» дæр Ууыл дзурæг сты бирæ историон документтæ, стæй уæд уæлмæрды дуртыл фыстытæ дæр. Уый гуырдзиаг спархийæн уыдис æгъдауы хуызæн. Уыйадыл ирон мыггæгтæй бирæтæ аАтæ сæндæргъуызæттæ сты, æмæ сыи хатт базонæн дæр нал вæййы. Цæвиттонтæ? Æгæр бирæ дæр ма сгы Ис чысайнаг сыгъдæг ирон мыггаг «Чертхъотæй». Ардыгæй рав- зæрдис «Чертхъошвили», «Кердихъошвили», «Керликашвили», «Чсртикашвили» Æмæ ма раззаг дыууæйæн ницы уыдаид, фæлæ сЬæс- таг формæ! Йæхи хæйрæг чи фæхона, уый дæр æй нал базондзæн, ироннма? йын исты иудзинад ис æви нæ — «кердика» гуырдзиаг дзырд у æмæ нысан кæны «мæнæу хъæбæр хоримæ хæцпæйæ». Дарддæр. Джыгкайтæ— Гикашвчли; Плитæ—Плионашвичи (Лилойы цы Плитæ цæры, уыдон афтæ фыссынц); Цхуырбатæ — Цховребашвили (Цховреба- цард, бынтон гуырдзиаг формæ райста); Четитæ — Къетъишвили (Къетъи ■— хъилы мыггаг, ома — Хъилатæй), Кедишвили, Къстъашвилтт Иууыл лнссчг та «Поиа- ты» мыггаг фæци — се ’мбисы бæрц фыст æрцыдысты «Меладзетæй», ома, Ру- вастæй’ Раст ахæм бон æркодта, æвæциæ- гæн, Дзугатæ æмæ Дзукъаты мыггæгтыл дæр. Æмæ ма Дзугатæй «Дзугъашвили» куы равзæра. уæд уый, чизоны, æцæгæйдæр Р) закъонбæрпон у гуырдзиаг æвзагæн, фæлæ «Дзукъатæй — Джугашвили?» Афтæмæй та ссардтам ахæм формæ дæр. Нæ горæты пæры 88—аздзыд ус Джугашвили Маоо Михаилы чьтзг Æмæ йæ рагон метоикæйы Дзукъашвили V, йæ паспооты та — Дж\та- швили. Æмæ ма уым, чизоны, лиссагæй ницы ис, фæлæ йæ фыд (Джугов М^хаит) гуырдзиаг напийыл нымад уып, т"?р мад Туаты Текъле та—-уьтрыссэг Пы аххос- æгтæм гæсгæ. уый йæхæдæг дæо нæ зоны æмæ мах дæо фæ^æ Дзт7къ?тæй лæп тти- пæртæ хъысмæты фæн^онмæ гæсгæ Джу- гацтвипитæ кæй систы, уьтй (тзакт V Гъс, æмæ æппæт уыцы хабæоттæ, Сталин Дз\'- ^атæй уыд æви Д^къа^æй. стæй уæт т"æ фьтпæлтæ чи æмæ кæпæй алилзгæ уыдысты, уый рабæлвырд т^æнын къухы нал æЛты. Уæлдæр банысан кодтам. ома гуырдзиат иртасджытæ япьт фарсты (Ъæдыл сæ хъуы- ды загътой Мæнæ куыд (Ьыссы Иль^т Ма"г- сурадге йæ читтыг «Гуыртзиаг мыггæгтæ», ^æгъгæ. уыл1 248 (Ьарсыт «Джугъаитвипи кæн^ Дж\тяшвили. г Гуо. сæ фыдæлтæ Лилойьт рацардысты сæрмаготтп ном Лж^- гъа Хъæгы ном Пжун^^ни (Теля^ьт р ) * Джугашвилитæ ттæоынц Л\ат?нийы хъæ^ы, уыдон фыццаг фыдыуæзæг Джугаанийы хъæуы хъуамæ уыдаид (Сигънагъы р.). Ацы мыггаг Джугъашвили ссис рагон гуыр- дзиаг документты уырыссагæй сæ рагуыр- дзиаг кæныны фæстиуæгæн (уырыссаг г гуырдзиаджы гъ-мæ райстой)» Йæ ацы хатдзæджы автор бындуриуæг кæны Иване Джавахишвилийы очерк"«Джу- гъашвилийы этимологийы тыххæй», зæгъ- гæ, ууыл Иване Джавахишвили стыр историкыл нымад у, фæлæ уымæн дæр йæ къухы уа- диссаг ницы æрмæджытæ уыд ацы мыгга- джы этимологи рафæлгъауыны тыххæн æмæ йæ очеркы, дызæрдыггæнгæ, уымæн афтæ фыста- «Рагон гуырдзиаг архивтæ кæй скуы- нæг сты, уый фæстиуæгæн ныртæккæ ах’æм фадат нал ис», фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ. хъуыды кæнын, ома ацы фарстæн уæддæр гæнæн ис хайгай рафæлгъауынæн, зæгъгæ . Джавахишвили амоны, ома, иуæй-иу мыг гæгтæ кæнæ географион нæмттæ уырыссаг æвзаджы æндæвдадæй фæаиппджын сты Цæвиттон, историон докумеиттæм гæсгæ. мыггаг Агъладзе алыран дæр уыдис «Аг- ладзе». Джугъашвилитæ, уæлдæр ма йæ загътам Джугашвилитæ кæй уыдысты, уымæн. махмæ гæсгæ, ирд æвдисæн у Бесойы усра- куырды тыххæй архивон бæлвырдгæнæн дæр Уым æртыккаг графæйы, усгуры мыг- гаг, ном æмæ фыды ном кæм фыст ис, уый бын кæсæм: «Гуры рæстæгмæ цæ- рæг зæхкусæг Бесарион Иваны фырт Джу- гашвили, чырыстон диныл хæст, фытшаг ускуырд» Æмæ ма документ уырыссаг æв- загыл куы уыдаид, уæд, чизоны, гъ—г-мæ рахызтаид, фæлæ уый гуырдзиаг æв- загыл фыст æрцыд, Бесо ус куы ракуырд- та, раст уыцы моменты. Уæдæ афтæ. Мах рабæлвырд кæнынмæ цы мыггаг хъавæм, уый нæ уацы амæй фæстæмæ уыдзæн Джу- гашвили, Джугъашвили нæ, фæлæ. Кæцæй æрлыгъдысты Къахетмæ кæнæ Лиломæ ацы мыггаджы минæвæрттæ? Джи- бо Ломашвили йæ чиныг «Фыстæджытæ», зæгъгæ, уым бацархайдта йе сбæлвырд кæ- ныныл æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: Джу- гашвилитæ ралидзгæ сты пшаваг хъæу Ахадийæ (Шуапхойæ), æриардысты Къахе- ты, Шах-абас кæй ныддæвдæг кодта, уыцы хъæутæй иу —Маралисы (Матааны), стæй уæд уырдыгæй акъабаз кодтой æндæр хъæутæм, уыдон нымæцы Лиломæ дæр. Махæн нæ къухы ис ахæм историон бæл- вырдгæнæн, ацы версимæ йæхигъуызон корректив чи бахæсса- «1855 азы Ручъы приходон скъолайы чи ахуыр кодта, уыдон номхыгъды ис Симон Джугашвили дæр. Æмæ гуыры закъонон фарст- Чи уыдис æмæ кæцæй æрбафтыд уыцы лæппу та? Дзырд дæр ыл нæй, кæнæ Рукъмæ хæстæг хъæу Дзомагъы Дзугатæй. кæнæ та Челиаты Дзукъатæй уьтдаид. Къахетæй кæнæ пшаваг хъæуæй Рукъмæ исчи ахуьтр кæнынмæ æр- бацыд, ууыл баууæндынæн нын ницьт æф- сон ис. Ломашвили ма цыдæр генетикон хæстæг- дзинад арьт Джугашвилитæ æмæ Беришви- литы мыггæгты æхсæн, растдæр зæгъгæйæ та, ньтсан кæны, ома Джугашвилитæ рав- зæрдысты Беришвилитæн, афтæ, дам -иу Бесо арæх бæдзырдта йе ’мкъаи Къекъейæн Нырма уал’уый, æмæ Къекъе уыцы фарсты 71
фæдыл информаии искæмæн радта æви нæ, уый зын зæгъæн у: чизоны, дзырдта, чизо- ны — нæ. Иннæмæй та кæд Джугашвили- ты фыдæлтæ Беришвилитæ уыдысты, уæд ирон мыггаг дæр ис — Беритæй, Цæгат Ирыстоны цæрынц абон дæр, æмæ уæд уы- дон та цы фæуоп? Æниу Беритæ, Дзугатæ æмæ Дзукъатæ æрвадиуæг кæнынц, уый тыххæй нæ къухы дæр ницы бæлвырдгæ- нæнтæ ис. Æцæг иу хъуыддагмæ нæ зæрдæ чысыл фæкъæпп кодта æмæ лæмбынæг бабæрæг кæныны фæстæ, гæнæн ис Ло- машвилийы хатдзæджы цыдæр рæстдзинад разына. Цы хуызы куы зæгъæм, уæд, дам. Душеты районы Шуахеуы дæр Дзукъатæн бирæ цæры. Кæд уыцы хабар рацæг уа, уæд ис афтæ хъуыдыгæнæн, æмæ Шуапхо- йæ Къахетмæ дæр цы Джугашвилитæ алыгъд, уыдон дæр уыдысты ирæттæ, чи- зоны, Дзукъатæй. Фæлæ цадæггап се ’взаг ферох кодтой, уымæй дæр дзы кæм иу хæ- дзар цард, кæм — дыууæ æмæ уый фæсти- уæгæн сæ бон нæ бацис сæ нацийы сæйрэг гакк бахъахъхъæнын Æнæуый Къахеты хъæуты цы Джугашвилитæ цæры, уыдон бынæттон кæй не сты, уымæй раст зæгъы Ломашвили. Ахæм хатдзæг та уымæй раз- дæр сарæзта Иване Джавахишвили, æр- мæст ма зынгæ историк дызæрдыг кодта ХУШ-æм æнусы райдианы æрцардысты Джугашвилитæ Лилойы æви уыдон фæс- тæдæр æрлыгъдысты уырдæм. Куыд зыны, афтæмæй нæдæр Джавахи- швили, нæдæр Ломашвили, Лилойы кой кæнгæ, ирæтты кой иуран дæр нæ кæнынц. Мах нæ уырньт уыцы хабар, æмæ уыдон Лилойы ирæттæй макæй бафарстаиккой сæ сыхаг Джугашвилиты тыххæй, кæнæ Джу- гашвилитæн сæхи. Уымæй дæр Джавахи- швили йæ очерк куьг фыста, уæд нырма Лилойы цардис Джугашвилитæй ччдæртæ æмæ сын уыдон бæлвырд информаци ма радтаиккой, уый уырнинаг нæу Нæдæр нæ бон афтæ зæгъын, у, æмæ зынгæ ахуыр- гонд зонгæ ма уыдаид мæнæ ацы историон документимæ: «Акты собранные Кавказ- скою Археографическою комиссиею, том I, Тифлис, 1866» Уым, 161 фарсыл, фыст ис, зæгъгæ, 1802 азы Лило уыдис сыгъдæг ирон хъæу, цардысты дзы — «Окрещенные из осетин». Гъе, æмæ уыцы хæтæнхуаг ирæттимæ сæ уæззау хъысмæт æвзæрстой Сталины фыдæлтæ дæр, Иуане, йæ дыууæ фырты Бесо æмæ Георги (Гогиа) дæр. Афтæ уыдис историон æгъдауæй, афтæ йæ хъуыстой сæ фыдæлтæй лилойæгтæ дæр. Мах уыцы фарстмæ куы бацымыдис код- там, уæд бафарстам уырдыгæттæй цалдæ- ры (Хъарасашвили Шалва Георгийы фырт (77 аздзыд), Багашвили Арчил Михаилы фырт, Багашвили Руко, Абашвили Вано Александры фырт, Арсошвили Нугзар æмæ йе ’фсин Хъвелашвили Манвелитæ (суац- хуйраг), æмæ нын се ’ппæт дæр лæвæрдтой уыцы иу дзуапп* «Джугашвилитæ дæр æр- лыгъдысты ардæм нæ фыдæлтимæ Ерекъле- паддзахы фæндонмæ гæсгæ, æрмæст æй нæ зонæм, Дзауы комæй æви Джеры комæй. Фæлæ ирæттæ кæй уыдысты, уым дызæр- дыггагæй мурдæр ницы ис». Уыдон ны- хæстæм гæсгæ, Бесойæн йæ бон нæ уыдис хъалон (3 сомы) фидын æмæ цардагур афтыдис Гурмæ, Уым акуыста дзабырхуы- йæгæй, ус ракуырдта æмæ та фæстæмæ иу- ахæмы æрбаздæхт йæ райгуырæн уæзæг- мæ. Дыууæ лæппуйы сын æнахъомæй кæ- рæдзийы фæдыл амардис. Æртыккаг сы- вæллонæй йæхибар куынæ уыд Къекъе, уæд йæ цæгатмæ ацыд Гурмæ. Уæд æгъ- ’ дау афтæ уыд, æмæ сылгоймаг æвгъæды йæ цæгаты хъуамæ бадтаид, цалынмæ сывæллон чысыл бахъомыл уыдаид, уæдмæ. Уыйадыл Бесойы дæр рæстæгмæ бахъуыд Гуры æрбынат кæнын æмæ... Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ фæиппæрд Лилойæ. Æмæ федзæрæг Бесойы æлыгæй- амад хæдзар, ныккалдис. Æрæджийы онг дæр ма, зæгъынц, йæ рæбинаг къул æмби- сæй бынмæ зындис Лилойæн хурскæсæны ’рдыгæй, хъæугæрон. Абоны бон уыцы хæ- дзары бынаты ис егъау æмæ рæсугъд бæс- тыхай æмæ дзы цæрынц фæрныгæй Арсо- швили Нугзар — аэропорты кусæг æмæ йе ’фсин Хъвелашвили Манвелитæ сæ хъæ- бултимæ. Æмæ уый æнæнхъæлæджы хабар нæу — иунæг Арсошвили Нугзар ма баз- зад ацы хъæуы, Джугашвилитæм бар " чи дары, ома сын бавæййаг чи у. Цæвиттон, Бесойы æфæсымæр Георгийы фырт Никъа- ла уыдис Арсошвили Нугзарæн йæ мады фыд, ома Сталинæн та йæ фыдыфсымæры лæппу. Гъе, уымæ гæсгæ бынæттон хица- уад сæрмагондæй бар радта Нугзарæн Бе- сойы хæдзаруатмæ царды тæваг бауадзы- нæн, йæ ном ын ма фесафынæн. Æмæ уы- цы æнкъарæн сæ туджы ис ацы хæдзары цæрджытæн. Мах сæм куы бахатыдыстæм, уæд нын фæкодтой бирæ ныхæстæ, мæнæ цыма экскурсоводтæ уыдысты, уыйау, фе- нын нын кодтой Сталин æмæ йæ фыдæл- ты алыгъуызон нывтæ, уыцы нымæцы мæ- гуыр Бесойы ныв дæр. Уый, дам, йæ ин- гæны дурæй ист у. Бацамыдтой нын, Бесо кæм ныгæд ис, уый дæр — Телаумæ куы ба- хæццæ уай, уæд уым рахисæрдыгæй уæл- мæрды.. Нæ фысымтæ нын куыд радзырдтой, аф- тæмæй Джугашвили Георги (Бесойы æф- сымæр) ныгæд ис Лилойы уæлмæрды, фæлæ цы ран, уый бацамонын сæ никæй бон баци. Нæ къухты нæ бафтыд махæн дæр уыцы ингæн ссарын — бирæ дурцыртытæн сæ фыстытæ нал зынынц, кæнæ та сæ, чизоны, нæ бон нæ баци бакæсын, бирæ дуртæ та фæлдæхтæй нынныгъуылдыстн сыджыты æмæ сыл кæрдæг ныггуыдын. Æниу ыл, чи- зоны, цырт æвæрд дæр нæ уыд æмæ йæ ин- гæн зæххæмвæз дæр ссис? Уыйхыгъд зы- наргъ дурцыртытæ æвæрд ис йæ бакзæт- тагæй цалдæрыл, (Ьæрсæй-фæрстæм ныгæд сты Георгийы фырт Сандро йе ’фсинимæ, сæ дуртыл ис ахæм фыстытæ- Сандро Джу- гъашвили— 1884—1923 Нино Джугъашвили— 1902—1975. Уым ма ныгæд сты сæ чызг Джугъашви- ли Ело (1918—1951) æмæ сæ фырт Джу- гъашвили Никъала (1888—1945) дæр. Куыд зыны, афтæмæй сæ иу дæр зæры кармæ кæ аиыд! Стыр хъыгагæн, сæ байзæттаджы хъыс- мæт дæр разындис æгæр æвирхъау æмæ дзы абон, информаци кæмæй райсæм, ахæм ничиуал ис, мæнæ сыл цыма хуыцау ра- хæтыд, уыйау кæрæдзийы фæдыл цæрддзу бакодтой алы рæтты. Уыйхыгъд, ноджы ма йæ зæгъæм, уыцы 72-
хъæуы цæрæг адæм стыр уарзондзинады æнкъарæнтимæ сæ зæрдыл дарынц Бесойы рухс ном, уарзтой æмæ ныр дæр хæларæй мысынц Сталины ном, кастысты æмæ сæм ныр дæр кæсынц хионы цæстæй. Уымæн æвдисæн у, 1970 азы г. Тбилисы чи рацыд, уыцы чиныг «Гуырдзыстоны ССР-ы хъæууон хæдзарады коллективиза- цийы истори» дæр, цыран 221-æм фарсыл дзырдæуы, ома 1929 азы 8-æм августы Стыр Лилойы фæллойгæнджытæ сæ иумæйаг æм- бырды бауынаффæ кодтой колхоз саразы- ны тыххæй. Боны фæткы 3-аг фарст уыдис сæ колхозæн ном раттын. Бауынаффæ код- той: «Сосо Джугъашвили-Сталин Стыр - Лилойы кæй райгуырд, уымæ гæсгæ хъæу- уон’ хæдзарадон коллективæн лæвæрд æр- цæуæд ном «Сталины номыл колхоз». Дарддæр. Хæсты размæ лилойæгты но- мæй Мæскуымæ Сталинмæ ацыдис Джу- гашвили Никъала, цæмæй сын сæ колхозы культурон æмæ социалон цард фæхуыздæр кæныны тыххæй исты баххуыс кодтаид. Фæлæ йæм нæ бахауд. Уыйхыгъд æй Берия айста йæхимæ æмæ йын йæ куырдиат фæ- хæццæ кодта Сталинмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй æвæстиуæгæй нæ баззад сæ куырдиат — Лилойы хъæуы арæзт æриыд клу6, ноджы æндæр хорз хъуыддæгтæ. Ноджы ма нын радзырдтой иу ахæм ха- бар: «Сталин куы амард, уæд æм нæ хъæ- уæй иу зæронд усы — Джугашвили сæр- магондæй арвыстам поезды, цæмæй йыл ирон хъарæг бакодтаид. Фæлæ цалынмæ уырдæм хæццæ кодта, уæдмæ Сталины Мав- золейы бавæрдтой». Ныхæстæ — бирæ, фæлæ цæмæй уыдон фæдыл æгæр ма адзæгъæл уæм, уый тых- хæй æрыздæхæм сæйраг фарстмæ. Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæп Джугашвилиты этимологииртасджытæн сз? иуæй-иутæ сты ахæм хъуыдыйыл лæуд, цы- ма уыдон Лиломæ æрбафтыдысты Къахе- тæй. Диаметралон æгъдауæй бынтон ных- мæвæрд хъуыды уыдис зынгæ гуырдзиаг поэт, Сталины премийы цалдæр хатты лау- реат Георги Леонидземæ. Куыд зонæм, аф- тæмæй уый ныффыста егъау поэтикон уац- мыс — эпопея Сталины сабион æмæ æвзон- джы бонты тыххæй. Автор, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæззау хъуыддагмæ афтид- армæй не ’рывнæлдта. Уый лæмбынæг са- хуыр кодта историон æрмæджытæ, этно- графи, æндæра поэмæйы ахæм рæнхъытæ нæ фæзындаид: «Да ситхъва ситхъвас мохдеба Мицъастан дакъавширебит: — Лилозе адре Геридан Ариан Джугъашвилеби». Æцæгдæр, Джеры комы, Хъуыриайы хъæ- уæн хурныгуылæн цæгатвахсы ма абон дæр ис «Дзукъаты хуымтæ», рагон хæдзаруæт- тæ æмæ мусуæттæ. Уыйадыл зын уаид Леонидзейы ацы ны- хæстыл ма баууæндын. Иуæй уымæн, æмæ уацмыс фыст æрцыд, Сталин ма удæгас куы уыд, «Уалдзæг арв хъæрæй нæрын куынæ уæндыд», уæд æмæ куыд йæ ныфс бахастаид фæтæджы фыдæлты тыххæй æнæбындур ныхæстæ кæнынмæ? Иннæмæй та, стыр уды хицау, адæмон поэт йæ сæрмæ ницыгъуызы схастаид адæ~ мæн гæдыныхæстæ ракæнын, фалсифика- торы бынаты æрлæууын. Леонидзе ацы фарст биноныг рафæлгъа- уынмæ гæрзифтонгæй кæй бацыд, уымæн нын ирд æвдисæндар у журнал «Мнатоби»- йы 1960 азы фарастæм чиныг дæр, цыран 157-æм фарсыл фæлгъауы топоним «Ли- ло»-йы этимологи, уыимæ, ирæттæ йæм кæд (1771 азы) æмæ цы аххосагæй ныфтыды- сты, уый дæр. Фæлæ уал уыцы фарст фæстæдæрмæ фæуадзæм — ууыл æмбæлы сæрмагонд этнографион очерк ныффыссын, бирæ æрмæджытæ бафтыд нæ къухы... Георги Леонидзейы эпопеяйы лирикон архайджытæй иу у Заза — Сталины фыдæл. Чи у Заза? Мах хъуыдымæ гæсгæ, уый уы- даид Сталины фыдыфыд Иуанейы фæс- номыг кæнæ та уый фыд. Заза архайы Ле- уахигомы, Кърцъанисы хъæуы, æмæ йæм уынæм эпикон хъайтары миниуджытæ. Поэмæйы пейзажон гæччытæй куыд зыны, афтæмæй автор йæхи цæстæй федта Дже- рыком æмæ Дзауыкомы алæмæттаг æрдз, æвæццæгæн ныхас кодтаид бирæ ацæргæ адæймæгтимæ дæр. Зæгъынц, ома, дам, поэ- мæ куы фыста, уæд-иу арæх уыдис Цхин- валы уазæгдоны дæр... Уæдæ афтæ. Георги Леонидзе зыдта, Ста- лины фыдæлтæ чи уыдысты æмæ кæцæй алыгъдысты. Кæд æй поэмæйы нæ уынæм, уæддæр нæ уырны, ирæттæ кæй уыдысты, уый дæр кæй зыдта. Чизоны йæ уымæн нæ ныффыста, æмæ Сталин йæхæдæг йæ био- графийы йæхи ирон кæй нæ хоны? Мах ма фидарæй æууæндæм зыыгæ ироп фыссæг Гафезыл дæр. Мæнæ цы фыссы уый йæ мысинаджы: «1959 азы зынгæ гуыр- дзиаг поэт æмæ æхсæнадон кусæг Леони- дзе Георгийыл сæххæст 60 азы. Поэты юби- лей нысан кодтой нæ бæстæйы алы ран дæр. Æз куыстон Гуырдзыстоны фысджы- ты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæр- нон секретарæй æмæ сæрмагондæй нытт,- цыдтæн Тбилисмæ Леонидзе Георгимæ Хус- сар Ирыстонмæ йæ фя?хонын æмæ йын йæ райгуырды бон баныслн кæныны тыххæй. Уый зæрдиагæй сразы æмæ æрбацыд Цхин- валмæ Æрлæууыд уазæгдоны. Мах иу- мæ абалц кодтам Чъехмæ, Дзаумæ. Сор- ганизаци йын кодтам иттæг хорз фембæлд Къуайсайы фæлчойгæнджытимæ. Уым ын балæвар кодтой шахтдзауы формæ æмæ йыл зæрдиагæй бацин кодтой Цытджын изæр ауагътам Хуссар Ирыс- тоны драмон театры залы. Æз Гоглайы ра- гæй зыдтоп, уымæн йæ бон уыд адæмимæ хæлар уæвын. Мемæ уыдис иттæг хорз ахастыты. Ие ’хсай азы цытæн ын цы бан- кет сарæзтам, уым уыдтæн тамадæ. Гогла афтæ бакодта: «Гуырдзыстоны æз дæн фыццаг тамада, Гафез та уыдзæн дыккаг Кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны уыи фыц- цаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм тамадæ». Дзаумæ куы фæцæйцыдыстæм, ^уæд ын, Сталиныл цы поэмæ ныффыста, уыи коиæр- кодтон. Бафарстон æй, зæгъын, стыр фæ- тæджы тыххæй æрмæджытæ кæм ссардтаи. Уый загъта: «Мæнмæ сты иæ цард æмæ йæ архайды тыххæй æппæт æрмæджытæ дæр. Музейы директорæй куы кУ«стои». Хæсты фæстæ æз ныффыстон Сталиныл егъау поэмæ «Сталины кадæг», зæгъгæ Поэмæ фыст у таурæгъы хуызы. Фæлæ ма 73
мæн ноджыдæр хъуыдис æрмæджытæ Сталины тыххæй, уæлдайдæр та, цы нацийы минæвар у, уый тыххæй. Æз Гоглайæн загъ- тон, зæгъын, Дзукъатыхъæуы зæрæдтæ се ппæт дæр зæгъынц, ома Сталины фыд цар- дис Дзукъатыхъæуы. Уый фæстæ дзабыр- хуыйæгæн куыста Гуры æмæ пæ иууылдæр хуыдтой ирон, афтæмæй та цæмæдæр гæс- гæ Сталины хонынц гуырдзиаг. Мæ ныхæ- стæн мын Гогла загъта: «Мæнмæ ис ахæм æрмæджытæ, Сталии ирон кæй у, уый чи.фидар кæны». Æз ногæй бафарстон Гоглайы: «Чи зоны гуырдзиæгтæ цы нацн- йæ сты, уый бæрæг кæнынц мады мыггаг- мæ гæсгæ?» Готла мæнæн загъта. «Гуыр- дзы раджы рацыдысты матриархатæй. На- нионалондзинады критери у патриархат. Сталин фыдырдыгæй у ирон. Фæлæ афтæ кæй фыссы, зæгъгæ, æз дæн гуырдзиаг, уы- мæн ис политикон нысаниуæг. Æрцу мæм хæдзармæ кæнæ куыстмæ æмæ дын æз Ста- лины тыххæй æрмæджытæ иууылдæр _рат- дзынæн». Фæлæ æз мæ поэмæйыл кусын ныууагътон æмæ стыр поэты лыстæг ха- бæртты тыххæй нæ бахъыгдардтон. 8.3 76.» Гафез, æцæгæйдæр, йæ къух систа йæ ра- гон фæндыл — æмбисыл ныууагъта йæ ли- ро-эпикон поэмæ, æниу уый дæр æнæхъæн чиныг у! Мыхуырæн дæр дзы ницы саккаг кодта фрагментты хуызы дæр. Уый нæ, фæ- лæ фæстæдæр Гафез, арфдæр æмæ уæрæх- дæр ахъуыдыкæнгæйæ, ныффыста егъау æм- дзæвгæ Сталины культы ныхмæ, нæ дзыл- лæйы лæгтæ кæй æвирхъау азарæй басыгъ- дысты 37-æм азы, уыцы æндыгъд замапыл бакодта карз хъоды аив ныхæстæй.,Æниу, Сталины фыдæлтæ Ирыстоны бæрзонд хæх- тæй Джерæй кæй алыгъдысты Лиломæ цардагур, уый Гафез дæр зæгъы йе ’нæфæуд поэмæйы. Бæрæг у, уый дæр Леонидзейы версийыл хæст кæй уыд, растдæр зæгъгæйæ та, фидарæй кæй æууæндыд, Сталины фы- дæлтæ ирон кæй уыдысты, ууыл. Георги Леонидзе ма хæлар уыдис хæст æмæ куысты ветеран, поэт Асаты Реуазимæ дæр æмæ сæм кæддæр æрхаудта Сталины тыххæй ныхас. Мæнæ цы зæгъы Реуаз йæ мысинаджьг «1950-æм азты иу-фондз афæдзы дæргъы куыстон Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секрета- рæй. Уæд æз хæстæгдæр балæууыдтæн гуыр- дзиаг фысджытæм. Арæх кæрæдзимæ гы- дыстæм уазæгуаты, æнгомæй-æнгомдæр код- той нæ бастдзинæдтæ Уæлдай тынгдæр фæхæлар дæн Гуыр- дзыстоны адæмон поэт-академик, Сталины премийы лауреат Георги Никъолайы фырт Леонидзеимæ. Иухатт мæм Чъребайы нæ хæдзары (Карл Марксы уынг, 56) уыдис уазæгуаты. Бадæм цæхх æмæ кæрдзыны фынгыл, чысыл сæн дæр анызтам, кæй зæ- гъын æй хъæуы, æмæ дын мæ цæтджын уа- зæг сæрмагондæй И. В. Сталинæн (уæд ма удæгас уыд) куы ракувид, стæй афтæ ба- кодта: — Осо, гени осо! — ды зоныс. æмæ Сосо ирон лæг уыдис? Мæ кадæг «Сабийы æмæ æвзонгады бонтæ» куы фыстон, уæд Тби- лисы ИМЭЛС-ы архивы И. В. Сталинæн гуырдзиагау йæхи къухæй фыст анкетæйыл сæмбæлдтæн. Уым графæ «Цы нацийæ дæ?», зæгъгæ, кæм ис, уый ныхмæ ныффыста йæ- 74 хи къухæй: ирон. Абонау æй хъуыды кæ- нын, уæд ма мын афтæ бакодта: — Уыцы сыф архивы документтæй сыс- къуыдтон. Уæдыонг, бауырнæд дæ, иикуы ницы бахъулон кодтон, æмæ-иу мæм ме ’мбæлттимæ дзырд куы ’рхаудта, уæд-иу сын уыцы гæххæтт фенын кодтон æмæ-иу уæд банцадысты. — Резо! — бирæ мæ уарзта Гогла æмæ-иу мæм мæ номæй дзырдта уæзданæй. — Суай мæм иу бон мæ дачæмæ Цхънетмæ уазæгуа- ты æмæ дын æй феныи кæндзынæп . Æз ма абон дæр мæхи æфхæрын, йæ рæс- тæгыл æм цæуылнæ ссыдтæн уазæгуаты æмæ уыцы официалон документ мæхи цæстæй цæуылпæ федтон. Æниу æз уæд дæр æмæ ныр дæр дызæрдыг нæ кæнын æппындæр, И. В. Сталин ирон кæй уыдис, Дзукъаты чысайнаг лæппу, ууыл. Георги Леонидзейæп йæ амæлæты бонты (игæры ракы низæй фæзиан ис) уыдтæн Цхънеты, фæлæ уæд уыцы гæххæтты кой куыд кодтаин. Æмæ, æвæдза, нырма дæр, æвæццæгæн, уым уыдзæн, фæлæ... 12 октябрь, 1988 аз.» Куыд зыны, афтæмæй Асайы фырт дæр Сталины хоны Дзукъатæй, уымæй дæр, Чы- сапы цы Дзукъатæ цæры, уыдонæй. Æмæ канд уый нæ. Чысангомы, Тирипо- яайы цы ирон адæм цæры, уыдон, зæгъæп ис, се ’ппæт дæр Сталины хонынц Дзукъаты мыггагæй, йæ фыд Бесо та, зæгъынц, Гур- мæ æрлыгъдис Дзукъатыхъæуæй. Уыцььха- бар цас раст у, уый нæ бон зæгъын нæу, фæ’лæ информаторы ныхæстæм байхъусынæй ницы сафæм. Цхинвалы цæрæг, персоналон пенсионер Годжыцаты Раман нын рахабар кодта: «1956 азы æз куыстон Ленингоры районы Дзукъатыхъæуы колхозы сæрдарæй. Районы къухдариуæгадæй бар ракуырдтон ацы хъæ- уы магазин бакæныны тыххæй. Æмæ нын нæ фæндыл дыууæ нæ загътой. Баххуырстам иу къаннæг бæстыхай æмæ дзы бакодтам магазин Фæлæ цæмæй æрзылмæй æхца ма фыстаиккам, уый тыххæй сфæнд кодтам ма- газинæн ног бæстыхай саразын. Иу ран уы- дис, йæ систæ ма 80 см. бæрц зæххæй уæлæ- мæ кæмæн зындысты, ахæм хæдзаруат — дыууæ цæстæй конд. Æвæццæгæн цæрæн хатæн æмæ къæбиц. Гъе, æмæ бафæнд код- там уыцы зæронд бындуртыл ног къултæ суадзын. Уыцы уынаффæтæ куыд кодтам, афтæ нæ цурмæ йæ къæдз лæдзæджы æн- цæйтты æрбацыд 92-аздзыд зæронд лæг Дзукъаты Тарагъан æмæ нын афтæ зæгъьг «Хорз адæм, уый уаз бынат у, аргъуцаг хæ- дзаруат æмæ дзы базаргæнæн ма сара- зут...» — Нæ дæ ’мбарын, мæ фыды хай? — ба- цымыдис кодтон æз. — Уый Бесойы хæдзаруат у, ме ’рзады райгуырæн къуым, цы мæ не ’мбарыс? — Фарн дæм бадзурæд, фæлæ дæ уæддæр нæ бамбæрстон, Бесо та чи у? — Уæд та Сталины фыд, дзабырхуыйæг Бесойы никуы фехъуыстай? Уый ам цард, ардыгæй алыгъд Гурмæ æмæ Хъуылымбег- ты Александртæм æххуырсты æрцард. Æз исдуг кæсгæйæ баззадтæн зæронд лæгмæ, стæй мæ цымыдис сцырын, райдыд- тон æй фæрсынтæ... — Кæд дæ уыдон хабæрттæ лæмбынæг
базонын фæнды, уæд Мæскуымæ ныццу, уым цæры Александры чызг æмæ дын уый æппæт дæр радзурдзæн. Хъыгагæн мын нæ бантыст...» Ныр та байхъусæм Дзукъатæн сæхимæ. Уæлдай цымыдисаг информаци нын рад- та, уæлдæр ма кæй кой ракодтам уыцы би- рæфенæг сылгоймаг (88 аздзыд) Джугашви- ли (Дзукъаты) Маро. Дзукъиан бынтон хи- оны зæрдæ дары Сталинмæ, хоны йæ йе ’рвад. Йæ хатæны къултыл копд сты Ста- лины алыгъуызон нывтæ. Раздæры стыр фæтæджы афтæ карзæй кæй æфхæрынц абон, уый ацы зæронд усæн у иттæг хъыг, йæ алыварс цы карз быцæутæ цæуы, уыдонмæ лæмбынæг дары йæ хъус, зæгъæн ис, иунæг публикаци дæр ын æнæкастæй нæ ирвæзы. Дзуры сыгъдæг чысайнаг ныхасы здæхтæй. хорз зоны гуырдзиагау дæр æмæ уырыссагау дæр. «Хъуамæ Горбачевмæ бахъ^ст кæнон æмæ уыцы лæджы йæ мæгуырыл ныууа- дзой» — æнкъардæй фæзæгъы Маро. Ацы рагон сылгоймаг йæхи цæстæй фед- та Сталины æмæ нын уый тыххæй афтæ ра- дзырдта: «Уый уыдаид, æвæццæгæн, 1909 азы Уæд мах цардыстæм Бакойы. Иу фæсæмбисбон мæ фыдмæ бауадтæн дуканимæ æмæ йæ ны- хасгæнгæ баййæфтон æнæзонгæ лæппу-лæги- мæ. Уыдис ын гæзæмæ тæппузгомау цæсгом, мæнæ-мæнæ бакастджын æй не схуыдтаис. Мæ фыд мын мæ сæр йæ амонæн æнгуыл- дзæй æркъæрцц кодта æмæ мæ рарвыста хæ- дзармæ, ма нæ хъыгдар, ныхас кæнæм, зæгъ- гæ. Бæрæг уыд, мæнæй, адæмæй, цыдæр су- сæг кодтой. Изæры мæ мад Туайонимæ куы ныхæстæ кодта, уæд рабæрæг: «Абон та нæм нæ хæстæг æрбауад, цыдæр сусæг ны- хасаг нæ уыд, æмæ...» — Чи нæ хæстæг, ном ын нæй? — цымы- дисæй йæ афарста мæ мад. — Ме ’рвады кой кæнын, — æмæ йæм йæ цæст аивæй фæныкъуылдта... Рацыд дзæвгар рæстæг, æмæ æз базыд- тон, уæд мæ фыд Сталинимæ кæй фембæлд, цыдæр иудзинад сын кæй уыд. Æвæццæгæн, фæдзæхст уыд мæ фыд æмæ йын йæ ном уымæн не схъæр кодта ..» Æмæ ма ноджы иу мысинаг Дзукъаты ’рдыгæй. Æрбахуын нæм æй кодта артист Сланты Ботаз- «Куыд бирæтæ, афтæ мах дæр алыгъдыс- тæм 1948 азы Цæгат Ирыстонмæ. Æрпар- дыстæм Назраны районы — Нароны хъæуы. Мæхъхъæл та йæ хуыдтой Алиурты хъæу 1953 азы æрцыд уæззау хабар. Амапд И. В. Сталин. Уæд мæныл цыд 12 азы Æз хорз бахъуыды кодтон уыцы бон Нæ хъæ- уы иы 600 хæдзары цард, уыдон æрæмбырд сты хъæуы астæумæ. Уым сарæзтой бæрзоид трибунæ, рог автомашинæтыл няем æрбацы- дысты Орджоникидзейы горæтæй æмæ рай- оны къухдариуæггæнджытæй. Нæ колхоз дæр уыд раззагон. Колхозы разамонæг уыд зындгонд сæрдар — Магкаты Стъесел Уый схызт уазджытимæ трибунæмæ, се ’хсæн уыд мæ фыды мад — дзырддзæугæ сылгой- маг, зарæггæнæг Плиты — (фыды фыртæй Хъониаты) Олгъа Пъаулейы чызг дæр. Фыдохы митинг Магкайы фырт к^ьт байгом кодта, уæд ныхасы бар радта Плиты Ол- гъайæн. Йæ ныхас ын фыста цыдæр грам- мофоныл. Мæ зæрдыл ма лæууынц йæ ны- хæстæй бирæтæ: «Мæ зынаргъ хъæубæстæ! Абон махыл баталынг Нæ бон, ахуыссыд нæ хур. Рафæлдæхт нæ цæугæ хох нæ чæугæ мæсыг не мзæххон хъæбул, нæхи Иосебы фырт Сталин»—Стæи ныхъхъарæг кодта Адæм æмхуызонæй ныббогъ-богъ кодтой’ Мах, сывæллæттæ, хибарæй лæууыдыстæм æмæ нæ кæуыкæй нал æнцадыстæм Уыцы бон нæм изæрæй Чермены хъæуæй æрбацыд уазæг, хæдзармæ куы ’рбахызт уæд мæ фыдымадæн загъта- " «Дзукъаты мыггаг аразынц кæнд-хист се ’рвад "Стали- нæн æмæ хонынц Алиурты-Нароны хъæуы хистæрты дæр.» Дыккаг бон колхоз рахицæн кодта машинæ æмæ, сæ сæргъ мæ фыдымад Олгъа, афтæмæй араст сты Чсрмены хъæу- мæ, мæ фыдымад мæн дæр йемæ акодта, мæ фыдыхо Аничкæ ис Дзукъаты къухы æмæ уый уынынмæ. Куы бацыдыстæм хъæу- мæ, уæд адæмы баййæфтам сæргуыбырæй лæугæ. Уынджы астæу лæууыдысты Дзукъа- гы дзырддзæугæ хистæртæ — Дзукъаты Са- дуллæ, Дзукъаты Стъепкъо, Дзукъаты Уа- сил, Дзукъаты Дзеба, мæ фыдыхойы лæг, адæм сæм радгай цыдысты æмæ сын сæ къухтæ истой Цыбыр рæстæджы фæстæ Дзукъаты Садуллæ — уæд ыл цыдис 70 азы бæрц, адæммæ радзырдта: «Хорз адæм, курæг уæ дæн, цæмæй нæ цæхх æмæ нæ кæрдзынæй рухс зæгъæм нæ зынгхуыст æрвад Сталинæн». Уый фæстæ куыд базыдтон, уымæ гæсгæ хистæн аргæв- стой дыууæ галы». Зыдтаид æви нæ Сталин иронау? Тын1 зын у ацы фарстæн дæр дзуапп раттын, Гуырдзиаг мад ын кодта ало-лайы зарæг, йæ царды бирæ фылдæр хай гуырдзиаг æмæ уырыссаг æхсæнады арвыста æмæ йыл дзырд дæр нæй — уыдон æвзаджы традицитæ йын систы мадæлон дæр æмæ фыдæлон дæр, фæлæ йе ’рвадæлтæ уæд нырма иронау дзырдтой Лилойы æмæ сæм къаннæг лæп- пуйæ йæ фыдимæ ма ’фтыдаид, уый зын ба- уырнæн у Афтæ ма Гуры духовон семинары дæр йемæ ахуыр кодта ирæттæ æмæ йыл ма бандæвтаиккой, уый гæнæн дæр нæй. Ин- нæмæй та фактон æгъдауæй Хъуылымбегты хæдзары схъомыл æмæ, гæнæн ис, фылдæр ирон ныхас хъуыстаид. Чысылæй та адæй- маг цы фехъусы, уый дзы нæ рох кæны. Уæлдайдæр та Сосойы (Сосланы) æвзыгъд- дзинæдтимæ ахуыры ’рдæм’ Мах ма, æгæр- ыстæмæй, уый дæр уырны, æмæ йæ мад Къекъе дæр, ирæтты чындз уæвгæйæ, чы- сылтæ уæддæр базыдтаид иронау, йæ цард- æмбалы ’взаг. Уымæй дæр лилойæгтæ не ’нусы райдианмæ сыгъдæг ирон æвзагыл дзырдтой. Фæлæ нæ цымыдисы сæр Сталин у. Æмæ бацархайдзыстæм, нæ къухы цы кадавар зонæнтæ ис, уыдоп бындурыл дзуапп сса- рыньтл Джугашвили Маро ма йæ мысинæгтæм бафтыдта ноджы иу ахæм хабар: «Таутийы фырт мын (Хуссар Ирыстоны Обкомы раздæры секретарь, фæстæдæр бас- ыгъд культы азарæй) иу эпизод радзырдта Сталины цардæй. И. В. Сталины 1921 азы Ленин арвыста Цæгат Ирыстонмæ Дзæу- джыхъæумæ. (ныры Орджоникидземæ), куыд национ хъуыддæгты къамисар, афтæ. Ныхасы уырыссагау куы рацыд. уæд ирæт- тæ сыстадысты æмæ йын иронау фиппаина- джы хуызы загътой: «Ирон лæг дæ æмæ 75
иронау дзур.» Уый сын дзуапп радта сыгъ- дæг ирон æвзагыл: «Ирон дæн, фæлæ иронау нæ зонын». «Хæныкъаты Никъайы ныхас Сталины гыххæй», зæгъгæ, ахæм мысинаг та нæм æрбахуын кодта Джусойты Нафи. «Хæныкъаты Никъа уыд ирон рухстауæг. Каст фæци Гуры духовон семинари æмæ куыста ирон хъæуты куы ахуыргæнæгæй, куы та — сауджынæй. Советон д\г куы ’рлæууыд; уæд æдзух кодта ахуыргæиæджы куыст, стæй ахуыргæнæн чингуытæ аразыны хуыст. Уыд иттæг зæрдæргъæвд адæймаг, хорз зыдта ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ. Фыста радзырдтæ, фельетонтæ, уацтæ. Уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзагæй ивта аивадон прозæ. Уыд фысджыты цæди- сы уæнг. Зондджын æмæ рæвдауаг хистæр уыд æмæ уый адыл йемæ хæлар уыдтæн 1952 азы сæрды иуизæр æрхауд ныхас Ста- лины тыххæй æмæ мын Никъа радзырдта ахæм хабар: Æз Сталинæй цыппар азы хиетæр дæн. Иу семинары ахуыр кодтам Уый дыккаг къласы куы уыд, уæд æз ахуыр кодтон æх- сæзæм къласы æмæ мах, уæлдæр кълæсты ахуыргæнинæгты, урæдтой радыгай æгъдау- гæс урокæй урочы ’хсæн улæфты рæстæджы, цæмæй сабитæ, райдиан кълæсты ахуырдзау- тæ фыдуаг митæ ма кодтаиккой. Ахæм рад- гæс уæвгæйæ, æз иухатт федтон хылгæнгæ цалдæр лæппуйы. Сæ иу разынд Сосо Дзу- гашвили. Хылгæнджыты æфсоны цъыччытæ ракодтон æмæ алыгъдысты, фæлæ Сосо йæ бынатæй нæ фезмæлыд æмæ мæм уый »дис- саг фæкаст. Бафарстон ■ æй- лæппу, цæуыл хыл кæныс, иууыл дæ галиуы кой куы кæ- нынц педсоветы?.. Уый мын æнкъардæй загъта: «Галиу нæ дæн, фæлæ мæ мæстæй марынц æмæ ууыл хыл кæнын...» Бафарстон æй — «куыд дæ мæстæй марынц0» Уый загъта: «Ирон дæн æмæ мæ тхис тао хо- нынц...» Хорзау нал фæдæн, бамбæрстон, лæппу дзæгъæлы нæ хыл кæны, фæлæ йын уæддæр афтæ бакодтон: хыл ма кæн, æз педсоветы радзурдзынæн хабар æмæ дæ нал æфхæрдзысты . » Радзырдтон, æцæгдæр, ха- бар хистæртæн, фæлæ йæм сæ хъус ич ’рдардтой. Уый фæстæ Сосо нал хыл кодта, фæлæ йæ уæддæр мæстæй мардтой галиу сывæллæттæ æмæ-иу сæ фæнадта, æз-чу куы уыдтæн радгæс, уæд. Æз-иу хылгæн- джыты се ’ппæты дæр æмхуызон бафхæрд- тон. Сосойæн йæхи дæр, æмæ уыйадыл са- битæ нал хъаст кодтой Сосойæ. Уый та-иу æнцад лæууыд, цыма йæм цæф æппындæр нæ хъардта, уыйау æмæ йæ дзырд та уый уыд: «Мæ маст сæ райстон æмæ ма цæуыл кæуон?..» Иронау дзæбæх дзырдта. фæлæ йæ ныхасыл зынд, арæх кæй нæ дзу- ры иронау, уый .. Ахæм уыд Никъайы радзырд Сталииы тыххæй цыбыртæй.» Асаты Реуаз ма нын радзырдта: «1949 азы Цæгат Ирыстоны АССР-гыл сæххæст 25 азы. Гуырдзыстоны ССР доле- гацийы сконды уæвгæйæ æз дæр хайад райс- тон уыцы бæрæгбоны... Реданты юбилегмæ æрхонгæ уазджытæн уьтцис банкет, Нæ уæздан фысым Цæгат Ирыстоны об- комы фыццаг секретарь Хъулаты Хъуыба- ды рауагъта Иосиф Сталины гаджидау Рæгъ кæронмæ куы ацыд, уæд нын иу ха- бар радзырдта: «— Хицау мæм знон Кремлæй комкоммæ телы дзырдта æмæ мæ цъæррæмыхст ирон дзырдтæй афарста «Нæ калак раздæр куыд хуынди», зæгъгæ. Æз фыццаг фæтыхстæн. стæй йын дзуапп радтон* — Владикавказ'.. — Нæ, æз дæ иронау фæрсын, къацо! — О, о, Дзæуджыхъæу!—хатыр дзы ра- куырдтон. —Гъемæ йæ уæдæ, фынцагау, исеу Дзæу- джыхъæу схонут, нæхиуæттæ хæсты герой- тæ кæй уыдысгы, уый тыххæй Уæд СССР Цæдисы Сæйраг Советы Указ- мæ гæсгæ горæт Орджоникидзейы «Дзæу- джыхъæуæй» рапвтой. .» Æмæ нсджы иу мысинаг Фехъуыста йæ ацы уацы автортæй сæ иу 1957 азы Леиин- горы районы Захъоры астæуккаг скъолайы уæды директор Плиты Тенгизæй. «Фыдыбæстæйон хæсты фыдызнаг састы куы баззадис, уæд Сталин Мæскуыйы цур йæ дачæйы фембæлд зынгæ æфсæддон раз- дзæуджытимæ. Банкеты фæстæ зæрдæдзæ- бæхæн тезгъо кодтой бæласуаты къордтæ- къордтæй. Разæй цыдысты Сталин, Жуков æмæ дыууæ æндæр марш-алы. Сæ фæстæ — Плиты Иссæ, Хетæгкаты Георги æмæ Мам- сыраты Хаджи-Умар. Ирон Инæлæрттæ иу- заманы ныхас кæнын райдыдтой сæ мадæлоп æвзагыл. Сталин сæ фехъуыста æмæ сæм фæстæмæ ракаст, йæ рихиты бын бахудт æмæ афтæ бакодта- «Дзурут, дзурут’» Цымыдисаг у И. В. Тюленевы чиныджы «Крах операции «Эдельвейса», зæгъгæ, уым иу ахæм момент. Автор йæхи номæй фыссы 136-æм фарсыл: «..1942 азы 15-æм ноябры æз ратахтæн Мæскуымæ докладимæ Æмæ та мæнæ æз иогæй дæн Мæскуыйы Кремлы, Сæйраг ко- мандæгæнæджы химæисæны. Æнхъæлмæ кæ- сын мæ бирæ нæ бахъуыд, И. В Сталин мæ уайтагъд айста йæхимæ. ...Мæ зæрдыл ма лæууы, мæнæн мæ бон ницыгъуызы уыдис дырысæй зæгъын хæххон ирон хъæу Дзуарыхъæуы ном. Æз дзырдтон «Дзаурикау». Сталин йæ мидбылты бахудт. —Дзуарикау —это значит- «Селение свя- тых». Куыд хъуыды кæнынц Сталипы байзæттаг та сæ фыдæлты тыххæй? 1976 азы августы газет «Сабчъота Осе- ти»-йы кусджытæй иу къордæн фадат фæ- цнс Сталины фырт Яковы лæппу Евгени- имæ Цхинвплы фембæлынæн. Уыдонимæ уыдис журн^пчст Багаты Уано дæр Мæ- нæ йæ мыоинагæй спъуыддзаг: « Евгснийæн уæд уыдис дыууæ фыр- ты — Б?счк æмæ Яков. — Æмæ дзы Сосо цæмæннæ искæуыл сæ- вæрдтай? — бафарста йæ махæй чидæр — Уымæн йæхи аххосæгтæ ис. Иуæй уыГт, æмæ Бесойы, игюп «дзабырхуынæджы» (уæд æй афтæ хуыдтой )чи хъуамæ æрымыса, мах, йæ байзæттаг æн куынæ ’рымысæм, уæд ма чи Гæнæн ис, мæ Лыд Яшæйы дæр мачиуал æоымыса, куыд уацары бахауæг, афтæ (Евгент1йæн йæ аны хъуыды, куыд зыны, афтæмæй раст нæ рауад.). Иосиф Сталины та, куыд хатын, афтæмæй æнæхъæн дуне æнцоптæй нæ ферох кæндзæи. — Сталины фыдæл, дам, ирон уыдис, зæгъгæ, уый тыххæй дæ хъуыды куыд у?— бафарста йæ Гæбæраты Къоста. Ам чи- 76
дæр мæнмæ дæр ацамыдта, уый дæр, дам, ирон у. Евгепий бадт мæ бакомкоммæ. Уыцы ныхас куы фехъуыста, уæд растад æмæ мæм мæ къух райсынмæ рацæйцыд. Æз æм фæ раздæр дæн æмæ йæм мæхæдæг бауадтæн, кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтам. Ахъаззаг æй мæ риумæ куы балхъывтон, уæд афтæ, чи- зоны, дам, ме уæнгты дæр æцæг ирон туг æхсиды æмæ зæрдæхцонæй ныххудтис. — Мæхæдæг дæр цымыдис кæнын, мæ фыдæлтæ чи уыдысты, уый базонынмæ, — загъта уазæг. — Сымахмæ, ирæттæм, кæд исты документ ис «пожалуйста, выклады- вайте» Арчилмæ (газет «Сабчъота Осетп»- йы раздæры редактор) ис мæ адрес, гъе, æмæ уæм кæд исты ахæм разыиа, — рарвитуг мын сæ-иу...» Иуныхасæй, хионæй дæр æмæ æцæгæлонæй дæр, Сталин æцæгæйдæр цы нацийы минæвар ^ыд, уымæ, ыоджы ма йæ зæгъæм, цымыдис кæнынц адæм æмæ уыцы фарстæн дзуапп ыссарыны æнхъæл адарддæр кæнæм æндæр- ты хъуыдытæ дæр. Уырыссаг фыссæг Григорий Коновалов 1967 азы журнал «Волга»-йы ныммы- хуыр кодта роман «Истоки». Журналы 11-æм чиныджы 52 фарсыл фыст ис. «Америкæйаг газет «Нью-Йорк Таймсы» хицау чи уыд, уыцы хъæздыг лæджы чыз- гæн рагон мыггаг Мальборойы герцогты фæ- дон Рандольфæй райгуырд Уинстон Лео- нардо Спенсер Черчиль. Иосифы мад Ьжа- терина та уыдис гуырдзиаг хъазарадон зæх- кусæг Георгийы чызг, йæ фыд та — дзабыр- хуыйæг, ирон Джугов Ьиссарион Иваны фырт...» Цы хатдзæг саразæн ис Коноваловы ацы ныхæстæй? Ис æви нæ историон æцæгдзп- над романы, уæлдайдæр та, мах цитатæйы хуызы цы хай æрхастам, уым? Бæгуыдæр, Сталины фыды уый æпæбындурæй не схуыд- таид ирон. Аивадон уацмысы, кæй зæгъын æй хъæуы, фантази дæр бирæ вæййы, фæ- лæ конкретон адæймагæн æндæргъ^ызон паспортизаци радтыны бар никæмæн ис æ’мæ нæдæр Коновалов бакодтаид афтæ. Цы хæрзиуæгæн æй хъуамæ бахъуыдаид уый сæр? Сталины фыд нрон кæй уыд (æмæ капд чæ фыд нæ), уый ма сæ уацмысты æвдисынц æндæрфысджытæдæр. Уæлдай фылдæр бы- нат уыцы фарстæн радта Ап Рыбаков йæ сенсацион роман «Дети Арбата». зæгъгæ, уым. Автор йæ уацмыс, сæйраджыдæр сны- вæзта историон документты быпдурыл. Кæд Коновалов æмæ Тюленев кадавар штрихтæй кæнынц Сталины фыд Бесойы кой, уæд Ры- оаков^та разындис рæдаудæр йæ ахорæнтыл æмæ йын дæтты уырнинаг характеристикæ Рыбаков фыссы, зæгъгæ, Сталинмæ куы бахатыдысты, Гуры райгуырдтæ æмæ йæ дæ чомыл схонæм, зæгъгæ, уæд Сталин не сра- зы, фæлтау, дам, Цхинвалæн раттут мæ ном, æмæ, дам, уый уыдзæн мæ фыд Еесойæн нырты хуызæн Уыдис æви нæ уыдис, æцæ- гæйдæр, ахæм хабар, уый иæ зонæм, фæ- лае^Цхннвал «Сталинирæй» ивд кæй æрцыд, уый алчи дæр зоны. Хъуыддаг \ыдпс афтæ- 1931 азы 8-æм февралы Цхпнвалы байгом чс^Хуссар Ирыстоны Советты 9-æм Бæс- гæйон съезд Съезды бонæгæй куыд зыны, афтæмæй «Ныхасы бар райста рагон зæронд кусæг, рагон бслштевик, Лепинмæ Хуссар Ирыстоны Ревкомы Меморандум чи ныххас- та æмæ лæгæй-лæгмæ Кремлы фæтæгимæ чй ныхас кодта, уыцы æнувыд коммунист Ко- заты Разден. «—Æз фæндон хæссын, — загъта йæ ны- хасы кæрон æмб. Разден, — цæмæй Цхинвалы сахары ном аивæм æмæ йæ схонæм Сталины иомыл. Съезд æмхъæлæсæй райста ацы уы- наффæ... Ацы тæрхон хъуыстгонд æрцыд Сталинæн телæй.» Махмæ афтæ кæсы, æмæ ацы хъуыдымæ æнæнхъæлæджы не ’рцыдысты Хуссар Ирыс- тоны уæды заманы къухдариуæггæнджытæ. Уырнинаг нæу, Сталины ма бафарстаиккой раздæр æмæ сын сæ фæндыл ма сразы уы- даид, уый дæр... «1933 азы Иенæйы немыцаг æвзагыл мы- хуыр æрцыд Григол Робакидзейы роман «Чакълули сули». Романы сæйраг персонаж у гуырдзиаг фыссæг, фæлæ архайд цæуы коллективизацийы рæстæджы Гуырдзысто- ны. «Сталины гороскоп» у романы иу хай. Сталины удæгасы заманы фыст литературон портрет уымæй дæр у цымыдисаг, æмæ 1937 азы хабæртты размæ æрцыдис фыст.» Ахæм разныхасимæ романæй скъуыддзаг мыхуыр æрцыд газет «Литературули Са- картвело»-йы 1988 азы 2-æм октябры. Уым дзырдæуы: «Ленин æмбисонды ном радта Сталинæн — «Легендарон гуырдзиаг». Леген- дарондзинад Сталины удыхъæды æгæр би- рæдæр уыд, фæлæ гуырдзиагдзинадæй цы зæгъæм. Гуырдзыстоны Сталины зæрдæахас- гы хихуызондзииады нымадтой цы туг, цы стæгæй рацыд, уымæ гæсгæ: «уымæн йæ фыд уыдис ирон...» Дарддæр автор æвдисы Бе- сойы ахæм хуызы — уый, дам, уыдис фыд- зонд, хылгæнаг, расыггæнаг. Изæры, дам-иу расыгæй æрбацыд æмæ, дам-иу хыл самад- та, надта йе ’фсины, йæ иунæг хъæбулы... Мах нæ зонæм, Робакидзейы характерис- гикæ цас раст у, уый, фæлæ Бесойы уымæй раздæр фысджытæй, æвæццæгæн, ирон ни- чи схуыдта æмæ уый бирæ цæуылдæрты дзу- рæг у. иуæй, автор фæсарæнты цард, никæй бар ыл цыд æмæ факт цæуы раст констата- цигонд, иннæмæй та, æвæццæгæн, хъусæгга- гæй нæ, фæлæ хъуыддæгтæ йæхæдæг зыдта æцæгæй. Уыцы хъуыддаджы уæлдай объективон- дæр разынд курдиатджын уырыссаг поэт Осип Мандельштам. Мæнæ, бирæ скъæрæнты кæй тыххæй фæци, Ягодайы æфсæнрудзынг ахæстоны зæрдæрисгæ цы аст æмдзæвгæйы «аххосæй» бадт, æрæджыйы онг дæр мыхуы- ргæнæн кæмæн нæ уыд, уыдонæй сæ иу. Систам æй журнал «Юность»-ы ацы азы 8 æм чиныгæй. Нæ райгуырæн бæстæн мах не стæм йæ фысым, Дæс къахдзæфæй дарддæр нæ ныхас нæ хъуысы. Нæ цæсты раз февзæры, исты куы сдзурæм, — Кремлы бадæг хæххон лæджы сурæт. Дыккаджыдæр уаллæттæ йе ставд æнгуылдзтæ, Ыздыйы къуылдыхтау, уæззау та йæ дзырдтæ. Иæ рихитæ, бахудгæ, айвазынц рустæ, Æрттывтытæ калынц цырыхъхъыты хъустæ. 77
Хæдмæлхъуыр, æмбислæгтæ й* алыварс— хъула. Сæ ницæйаг удтæй сын хъазы уый хъулау. Чи сусæг хæкъуырццæй, чи ргомæй дзыназы^ Чи ухситт кæны, чи та гæдыйау дæр уасы. Æрмæстдæр ма иунæг фæндон-бар ис уымæн, Цы йæ фæнды, — дзуры тызмæгæй. æрхуымæй. Цæгъдьь уый, цæфхадау, æрвылбон указтæ— Ныхсæттæн, цæсткъахæн ,тæнрæмпъузæн.. Къадзтæ! Мæлæты тæрхон ын — мæнæргъыйау адджын, — Фæтæнриу ирон лæг у афтæмæй кадджын. Ахæм дæрзæг номæй йæ хуыдта Н Зи- новьсв дæр — «Кровавый осетнн». (Д. Вол- когонов. Триумф и трагедия, ж. «Октябр», 1988, №11, ф. 127). ...Æмæ хъыг вæййы зæрдæйæн, иуæй-иу автортæ (уыдон нымæцмæ фæстаг хатт ,ба- хауд Алес Адамович дæр. Кæс журнал «Дружба народов»-ы ацы азы №11, 76;8 фарс), -ома Сталинæн йæ фыд ирон уыд, фæлæ... Ау, кæд йæ фыд ирон уыд, уæд йæхæдæг та чи уыд? Кæм ис логикæ? Цæмæн æгад казнынц хуымæггæг, дза- бырхуыйæг, йæ къухтæм иудадзыг æмхасæнтæ чи кодта, дыууæ фырты (Георги æмæ Михаил) æдзард кæмæн фесты, уыдон мæстæй зæрдæрисгæ чи тыдта йæ царды бонтæ, уыцы Бесо æмæ йæ цард- æмбал уæздан гуырдзиаг сылгоймаг, х’æдза- рон æфсин Къекъейы? Цæмæн ыл мысынц тугтæ? Æгæрыстæмæй ма йын фæстаг рæс- тæджы дыккаг лымæн дæр ссардтой —зын- гæ бæлццон Пржевальскийы!.. Махмæ гæсгæ, мысæггаг хабæрттæй, дам- думтæй историон æцæгдзинад нывæндæн нæй! Уый нæ, фæлæ гуымир æгъдауæй де- зинформаци хæссынц адæмы хъуыдымæ, хæццæ сын кæнынц сæ зонд. Чи разындис дыууæ уды ’хсæн интимон царды сусæгдзи- надæн æвдисæн?! Иугæр Сталины фыд ирон уыдис, уæд нæ цæст цæмæннæ уарзы афтæ зæгъын: Сталин уыд ирон фыд æмæ гуыр- дзиаг мады хъæбул, ома ирон лæппу — гуырдзиаг хæрæфырт. Бесойы цардвæндагмæ дæ хъус лæмбы- нæг куы ’рдарай, уæд æнæбафиппайгæ нæ фæуыдзынæ иу ахæм хабар: кæмдæрид- дæр-йу ма уыдаид, — йрæттимæ йæ уыдйё хъуыддаг: Лилойы цардис ирæтты фарс- мæ, йæ ус ракуырды тыххæй бæрæггæнæ- ны æвдисæнты номхыгъды ис ирон — Дзебисов (Дзебысатæй). Ацы мыгга- гæн сæ ратæдзæн Чысангомы рæбинаг ра- гондæр æмæ стырдæр ирон хъæу Дзимырæй у). Гуры рæстæгмæ æрцардис æмæ уым дæр хæдзар баххуырста Кулумбегашвилитæм, Дзукъатыхъæумæ цыдис, куыд хиуæттæм, афтæ, йæ царды фæстаг бонты афтыд Те- лаумæ æмæ уым та, лилойæгтæ куыд зæ- гъынц, афтæмæй йæ фыдыхо цардис... Цы- мæ æппын ницæуыл дзурæг сты ацы факттæ? Уæлдайдæр та Хъуылымбегтæм кæй цард, уый. Мах афтæ хъуыды кæнæм, æмæ ацы мыггаджы зыдта йæ фыдæлты ’рдыгæй — Дзукъатæ иугæр Джерыкомæй алидзгæ сты Лиломæ, уæд Хъуылымбегтæ та Хъларсæй ацæугæ сты æмæ уыцы хъæу дæр Джерыкомы ис Афтæ, æмæ æнæнхъæ- лæджы нæ уыдаид Хъуылымбегты хæдза- ры. Æнæнхъæлæджы нæм нæ кæсы уый дæр, æмæ йе ’ртыккаг лæппуйыл сыгъдæг ироп ном Сосо (Сослан) кæй сæвæрдта. Махæн нæ къухы цы историон, литера- турон, этнографион æмæ информацион æр- мæджытæ уыд, уыдон ’ бындурыл раны- вæзтам нæ хъуыдытæ æмæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: Сталин уыдис, гуырдзиаг мады хсыр кæй туджы ахъардта, гуырдзиаг æмæ уы- рыссаг æхсæиады чи схъомыл, фæлæ ха- рактерæй йæ фыдæлты халдих чи уы’д, ахæм ирон — ДЗУКЪАТЫ (кæнæ ДЗУГА- ТЫ) БЕСОИЫ фырт, Ир æмæ Гуырдзыйы рагон лымæндзинады фæстиуджытæй иу. Æниу нæ дыууæ адæмæн дæр хорзæй ни- цы сарæзта. Раст фыссы Г. Лебанидзе, махæй, дам, къатдæр нæ басыгъд йæ аза- рæй... Ноджы фылдæр фыдбылызтæ та ирон адæм баййæфтой 37-æм азы æвирхъау за- маны — нæ дзыллæйы разагъта лæгтæ цагъ- ды фесты иу стæмтæй дарддæр... Фæлæ ам политикон аспект нæ агайæм, уый æндæр стæй вазыгджын фарст у, дзурджытæ дæр ыл бирæ ис. Мах, нæ уац фысгæйæ, хъуыды кодтам æрмæстдæр иунæг нысаныл — Рæстдзина- дыл. Æмæ кæд йæ равдисын нæ бон нæ баци æххæстæй, уæд — табуафси, плю- рализмы æгъдау йæ тыхы ис. Уæлдай- дæр та нæ фæнды нæ историкты компетен- тон ныхас фехъусын. КЪÆБЫСТЫ РУТЕН, философон зонæдты доктор, профессор ААÆЙМАГОН ФАКТОР ÆМÆ КУАЬТУРÆ «Адæймагон фактор» æмæ «Культурæ»-йы категоритæ куыдфæнды дæр ма ’мбарæм, цахæмфæнды мидис сæ ма бавæрæм, уæд- дæр сæ диалектикон иудзинад, сæ кæрæ- дзиимæ бастдзинад æмæ кæрæдзиимæ ба- дзырдад махæй дызæрдыггаг никæмæн у. Дызæрдыггаг нын уымæн нæу, æмæ сын мах сыгъдæг эмпирион æмвæзадыл цæст- уынгæйæ æнкъарæм сæ иудзинад, стæй ма уыдон сæ кæрæдзи кæй бæрæг кæнынц, уый дæр. Æмæ, æцæгдæр, культурæ йæ рагнысаниуæгмæ гæсгæ æмбарæм афтæ, куыд зæхкуыст, адæймаджы архайд, куысты технологи хуыздæр кæнын, гоймаджы хуыз- дæр миниуджытæ, стæй материалон æмæ духовон зынаргъдзинæдтæ рæзын кæнын, 78
уыдон бамбарыны æмæ адæймаджы хъару- тæ равдисын æмæ æмйу кæныны амал, кæнæ социум Уыдон бамбарын кæныиы тыххæй адæймаджы субъекты иувæрсты ацæуæн ыæй. Уыцы иурæстæджы адæйма- гон факторыл дæр хъуыдыгæнæн нæй æнæ культурæ, йс ’ппæт уæлдæрранымайгæ ны- саниуджытимæ иумæ. Бæрæг куыд у, аф- тæмæй ацы феноменты æмахастад нæ фæуд кæны банысангонд æддаг бæрæггæнæнтыл. Уыдон бæрæг бæрцæй æмбæрст цæуынц сæ кæрæдзийы фæрцы. Диалектикæйы цъус мыййаг нæй, сæ кæ- кæрæдзи чи ’мбарын кæны, ахæм къай ка- тегоритæ Уыдонæй алкæуыл хицæнæй дз>р- гæйæ, хæс ис уый мидæг, цæмæй сын ра- фæлгъауæм сæ диалектикон æмбастдзина- ды, сæ кæрæдзийæ æнхъæлцаудзинад æмæ сæ кæрæдзиимæ бадзырдадон спецификæ Ам вазыгджындзинæдтæ æмæ зындзинæд- тæ номхуьтндæй бæрæг цæуынц уыдонæн сæхи структурон-функцион сконды вазыг- джындзннадæй Цымæ ахæм рæстæджы «адæймаг» æмæ «жультурæ»-йы категорити- мæ æндæр искæцы категоритæн ис æрæм- ныхгæнæн? Ацы категориты (сæрмагондæй «адæймаджы») тынг зынæй, арæх æнахуыр хуызы æмиу цæуынц материалон æмæ ду- ховон, æмбаргæ æмæ æнæмбаргæ, эмпи- рион æмæ теоретикон, интеллектуалон æмæ эмоцион, биологон æмæ социалон, физио- логон æмæ психологон, эстетикон æмæ эти- кон æмæ а д. Уыимæ иумæ, «адæймагон фактор» æмæ «культурæ»-йы, стæй уыдон æмахастады ис ахæм проблемæтæ. кæцытæй бирæтæм ныр- ма дæр, куыд æмбæлы, афтæ йæ хъус нс ’рдардта зонадон дзыллæйад. Уыдонæй иу- къорд кæд рагзаманты равзæрдысты, уæд- дæр сæм зонадон æгъдауæй уыйбæрц ни- чиуал цымыдис кæны Цæвиттонæн æрхæс- дзыстæм бархъомыс æмæ зонды, æнкъары- над æмæ хъуыдыйы, зæрдæ æмæ сæры магъзы æмахастыты проблемæ. Уыдон тых- хæй дзырд цæудзæнис дæлдæр. Ам та уал банысан кæндзыстæм уый, æмæ ныртæккæ адæймагоп факторы активондзинады æп- пæт мидæггагои æмæ æддагоп импульстæ смобилизаци кæныны фарст номхуындæй цы социалон фæлгæтты æвæрд цæуы, уым рдæймаг æмæ культурæйы иудзинад бæрæг Цæуы æвдисæндартæм гæсгæ, сæрмагон- дæй та* Фыццаг уымæй, æмæ адæймаг йæхæдæг у культурæйы равзæрды разæууæл, афтæ йæ саразæг, йæ архайæг æмæ йе ’вдисæг дæр; Дыккаджы, уымæй , æмæ адæймагмæ адæймагдзинадæй цы ис, уый йæ равзæрд æмæ йæ мидисмæ гæсгæ баст у культурæи- мæ, афтæ культурæ йæхæдæг дæр йæ рав- зæрд æмæ йæ мидисмæ гæсгæ баст у адæй- магимæ Адæймагмæ æнæ культуронæй цы- Дæриддæр ис. уыдон та, нæ’хъуыдымæ гæс- гæ, сты цæрæгойон равзæрдимæ баст. Ардыгæй ис афтæ зæгъæн, æмæ адæй- магмæ йе ’ппæт æвæрццаг райдиантæ хæрз- æгъдауон хъомылад уа, (йæ намыс, зæрдæ- хæлар æмæ куыстуарзондзинад) æви цард- Уагон амындтæ, зынаргъ ориентиртæ, социа- л°н домындзинæдтæ æмæ æндæртæ, уæд- Дæр уЫй номхуындæй хауы культурæмæ æма? ис йæ комкоммæ дæлбариуæджы бын. Адæймагон фактор сактивон кæныны ра- зæууæлтæ агургæйæ, æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый, æмæ культурæ, куыд кондады мидæг куысты ахадындзинад фæ- бæрзонддæр афтæ бæрæг цæуы, баст кæи- мæ у, æрмæгæн уыцы æрмæгæн йæхи æн- къарынадæй. Продукцийы гъæд фылдæр хæттыты баст вæййы, æрмæгæн йæхиимæ нæ, фæлæ мах нæхæдæг куыд архайæм, уы- цы культурæимæ. Адæймагон факторæн ис йæхи æддагон æмæ мидæггагон гуырæнтæ, разæууæлтæ æмæ стимултæ. Уыдонæй алкæйы архайды коэффицент дæр баст у, культурæйæ цæй- бæрц хъацыдгонд, уа, уыимæ. Цæвиттон, адæймагон факторы активизацийы объекти- вон разæууæлтæ, æндæрты æмрæнхъ сты: критикæ æмæ хикритикæ, социалон рæстдз- над, социалистон демократи æмæ а. д. Фæ- лæ уыдонæй алкæйы архайды æнтыст дæр бæрæг цæуы, цæйбæрц культурæ сæ ис, уый æмвæзадмæ гæсгæ. Культурæ сæ куы нæ уа, уæд критикæ æнцонæй рахиздзæн æнæ- хсæстдзинадмæ, социалон рæстдзинад-де- магогимæ, социалистон демократи та — анархимæ. Уый тыххæй ис бирæ цæвиттон- тæ æрхæссæн. Уæдæ мах хъуыддаг ис адæймагон фак- торы активизацийы субъективон разæууæл- тимæ дæр. Уыдонмæ сæрмагондæй хауынц: гоймаджы психологон зондахаст, йæ цар- дон принциптæ, йæ æргъадон ориентиртæ, йæ социалон домæнтæ æмæ æнд. Æмæ зын- рахатæн нæу, сæ конкретон фæдыздæхт æмæ реалон мидис бæрæг кæй цæуы, уыдон кæмæ сты, уыцы гоймаджы культурон æм- вæзадæй. Уыимæ иумæ иу кæнæ иннæ кæ- роны æхсæн сæ ратас-батасты амплитудæ у тынг уæрæх: хи снывонд кæнынæй цæрæ- гойон эгоизммæ, адæймагадæн лæггад кæ- нынæй хи сæрмагонд хъузджы бабырын- мæ, адæймагады стыр идеалтæн лæггад кæ- нынæй æрмæстдæр бинонты цардуагыл тыхсынмæ, хæрзаив, уæздан æргъадон ори- ентирæй вещизммæ, аив эстетикон адæн- къарынадæй æнахъинон эстетикон æнкъа- ’рæнмæ, рæстæджы глобалон социалон про- блемæтæй карьеризммæ. Афтæмæй бæрæг у, культурæ, æцæгдæр, кæй у адæймагон факторы активизацийы ахсджиаг мидæггагон импульс. Уымæ гæсгæ рацарæзты егъау хæслæвæрдтимæ иумæ адæмы культурон хъомылады проблемæ ныры хуызæн актуалон никуыма уыд. Фæлæ уæддæр абон адæймагон факторы сæрмагонд нысаниуæг иунæг рацарæзт æмæ фæцырддæр кæныны ахъаззаг хæслæвæрд- тæй нæ цæуы бæрæг. Уымæн ис ноджы арф- дæр фæлтæртæ, арфдæр мидис. Уы- донмæ гæсгæ рацарæзт æмæ фæ- цырддæр кæнын сæхæдæг сты æрмæст- дæр уыдоны фæстиуæг. Уымæ гæсгæ, фыц- цæгты хорз куы нæ рафæлгъауæм, уæд нæ бон нæ бауыдзæнис, адæймагон фактор цы у, уый бамбарын дæр. Фыццаг рады ахæм ноджы арфдæр фæлтæртæ æмæ мидистæ фæбæрæг вæййынц: зонадон-техникон рево- люцийы рæзты нырыккон стадийы хицæн- дзинæдты; куыд гъæдмæ гæсгæ ног социа- лон организаци, афтæ социализмæн иæхи рæзты структурæйы спецификон хицæндзи- нæдты, архайды æмæ закъонбæрцæдты Фыццаджыдæр, ахæм рæстæджы нæ Х^У а_~ дыйы сты кондады компьютеризаци, авт 79
тизаци æмæ роботизаци... Уыдон бæрæг бæрцæй адæймаджы архайды къаддæр кæ- нынц лæгдых æмæ механикон куысты хайон уæз, уыимæ иумæ уым фылдæр кæнынц интеллектуалон æмæ сфæлдыстадон рай- диан. Æмæ уый та, бæрæг куыд у, афтæ- мæй домы адæймагон факторы активизаци ахæм вазыгджын механизмтимæ архайыны руаджы. Æмæ квалификациджын инженерон куыстæй уыцы механизмтæн дарддæр хуыз- дæр кæныны амал нæй. Дыккаджы та, махæн нæ хъуыдыйы ис марксизм-ленинизмы классикты зындгонд бацамынд уый фæдыл, зæгъгæ, капиталпз- мæй социализмæ рахизын уыцы иурæстæджы нысан кæндзæнис «æнæмæнг хъæуындзина- ды дунейæ сæрибардзинады дунемæ» рахи- зын. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы бацамын- ды фыццаджыдæр ис, абоны онг адæймагон факторы активизацийы чи ис, æппæт уыцы сусæгдзинæдтæ райхалыны дæгъæл. Бæрæг куыд у, афтæмæй адæймаджы архæйдтытæ кæддæриддæр сæ фæдыл. ра- сайынц цахæмдæр фадæттæ, ситуацитæ, нысæнттæ, фæндтæ, амындтæ æмæ а. д. Уыдон се ’мдзыгуырадмæ гæсгæ дих кæнынц объективонтæ æмæ субъективонтыл. Объек- тивонтæ сты, адæймаджы архайд чи раса- йы, уыцы æрдзон æмæ социалон уавæртæ, фадæттæ æмæ закъонбæрцæдтæ. Субъек- тивонтæ та сты, субъектæн йæхицæй чи цæ- уы, адæймаджы архайды ахæм мидæггагон мотивтæ. Адæймаджы архайды ацы дыу- уæ фарсы дæр сты иттæг вазыгджын, диа- лектикон æгъдауæй кæрæдзи ныхмæдзыд, кæрæдзиимæ бастдзинад, кæрæдзийæ æн- хъæлцаудзинад æмæ кæрæдзиимæ фадзыр- дон уавæры. Бæрæг-бæлвырд ситуациты, æмткæй сисгæйæ, сæйраг нысаниуæг ис субъективон фактортæн, Стæйдæр адæйма- джы архайды объективон æмæ субъективон æмахастад аразы æдзухон нæ, фæлæ ивгæ ас. Уый историон æгъдауæй ивы йæ мидæг субъективондзинады хайон уæз иудадзыг- дæр фылдæр кæныны хыгъдæй. Ныртæккæ уæддæр æмæ уæддæр зын зæгъæн у, искуы цымæ адæймагад ацы фæндагыл фæцæудзæ- нис адæймаджы архайды объективон æмæ субъективон уавæрты бынæттæ æххæстæй фæивыны онг. Абон махæн уæл- дай ахсджиагдæр у ацы тенденцийæн йæ хи зонын æмæ æнкъарын. Адæймаджы архайд бæрæг бæрцæй фæцух вæййы йæхи субъективон стимултæй. Цæй бæрц сæ фæцух вæййы, уый бæрц свæййы æнæзæрдæмæдзæугæдæр, къаддæр продукти- вон. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы уавæр нæ ахъаз кæны адæймагон факторы активиза- цийæн, уæлдайдæр та уæдмæ, цалынмæ дзы нæ фæзына ахæм ситуацийæ фервæзыны æнæмæнгхъæуындзинады идейæ. Æмæ, æцæг- дæр, цахæм сфæлдыстадон зæрдæйыуагыл æмæ куыстмæ цахæм сфæлдыстадон ахаст- ыл дзурæн ис хисæрмагонд исадон ахасты- гы дунейы, кæд æмæ уым адæймаг йæхн- цæн куыст нæ равзары, фæлæ йын куысты тыххæй йæхи февзарынц, уæд. Афтæмæй уый фæллой кæнын райдайы йæхи интерес- тæ æмæ æвзыгьддзинæдты сферæйы нæ, фæлæ йæ бар-æнæбары кæм бахъæуы, уым... Уымæй мах афтæ зæгъæг не стæм, æмæ социализм æххæстæй аиуварс кодта ацы цухдзинад, стæй махæй алчи дæр куыст февзары йæ арæхст æмæ йе ’взыгъддзинæд- тæм гæсгæ æмæ сæ, æнæ ныхдуртæ аиуварс кæнгæйæ, среализаци кæны. Афтæ нæм кæ- сы, æмæ æххæстæй ахæм уавæрæн сифтонг- гæнæн иæй æмæ йын нæ дæр уыдзæнис, уымæн æмæ æхсæнады рæзынады кæцы- фæнды стадийы дæр бар-æнæбары бахъæуы куыст æхсæнадон æгъдауæй радих кæныны сæр. Æмæ куыст ахæм æгъдауæй радих кæныны рæстæджы кæддæриддæр бынат уы- дзæнис стырдæр приоритетон æмæ къаддæр приоритетон сферæтæн. Æниу хъуыддаг канд уый мидæг нæй, æмæ хисæрмагондисадон ахастыты дунейы, номхуындæй та капиталистон æхсæнады, фæллойгæнæг дзыллæтæн нæй сæ арæхст- дзинад æмæ курдиатмæ гæсгæ сæхицæн куыст æмæ дæсныйад равзарыны фадат, фæлæ ма уый мидæг дæр, æмæ куыст йæ- хæдæг уыцы æхсæнады свæййы æвæндон æмæ æцæгæлон. Уымæ гæсгæ нæ цыбыртæн зæгъын фæнды, нæ идеологон ныхмæлæу- джытæ куыд архайынц, ууыл. Уыдон тыр- нынц, цæмæй сзыгъуыммæ кæной куыст сцæгæлон кæныны фæдыл марксистон диа- лектон-материалистон хъуыдытæ. Куыст сцæгæлон кæнын, фæткмæ гæсгæ, субъективоны собъективон кæнынмæ чи тыр- ны, ивгъуыд æмæ ныры дуджы уыцы бур- жуазон ахуыргæндты хъауджыдæр, К. Маркс куыст сцæгæлон кæнын фæлгъауы, кæрæдзиимæ органикон æгъдауæй баст чи у, сæ иу се ’ннæмæй чи цæуы, ахæм æртæ аспекты руаджы. Фæллойгæнæджы ахаст йæ куысты продуктмæ кондады процёссы фæллойгæнæг йæ куыстæй куыд сцæгæлон кæны йæхи, уый Куыст сцæгæлон кæныны уыцы хуызтæй фыццаг — йæхи сæрмагонд куысты продукт- мæ кусæджы ахаст сæцæгæлон кæнын Маркс фæлгъауы хисæрмагондисадон цардарæзты уавæрты. Уымæн йæ хъуыдыйы ис ахæм уавæр, цыран кусæг, продукци уадзгæйæ, йе сцæттæ кæныныл, æцæгдæр, бахардз кæ- ны йæхи бæрæг-бæлвырд тыхтæ æмæ æв- зыгъддзинæдтæ. Афтæмæй уый уым бавæ- ры йæ царды цахæмдæр чысыл хай. Уыцы продукт йæхи нæ, фæлæ йæ хицауы кæй свæййы уымæ гæсгæ уый, æппынфæстаг, афтидæй аззайы канд йæхи куысты про- дуктæй нæ, фæлæ ма йæ царды чысыл хайæ дæр. Ахæм рæстæджы рауайы афтæ, æмæ кусæг цы æхсæнадон хъæздыгад саразы, уый свæййы йæхи сæрмагонд гæвзыккдзи- над. Куыст сцæгæлон кæныны дыккаг момент кæнæ дыккаг хуызы мидис, Марксмæ гæс- гæ, ис уый мидæг, æмæ куыст сцæгæлон кæнын нæ цæуы, фæллойгæнджытæ цы хъæздыгдзинæдтæ рауадзынц, уый радих кæнынмæ, фæлæ уым ис, куыд йæхи скъуыд- дзаггæнæг момент, афтæ куысты продукци сцæгæлон кæнын. Æмæ уый та йæхæдæг у æнæфæивгъуыйгæ фæстиуæг. Уый сцæ- гæлон вæййы адæймаджы фæллойадон ар- хайды фæрцы, æхсæнадои кондады про- цессы. Марксы хъуыдымæ гæсгæ: «Отношение рабочего к его собственной деятельности, как к чему-то чужому, ему не принадлежа- щему. Деятельность выступает здесь как страдание, сила — как немощь, оплодотво- рение — как оскопление, собственная физи- 80
ческая и духовная энергия рабочего, его личная жизнь (ибо что такое жизнь, если она не есть деятельность) как повернутая против него самого, от него не зависящая, ему не принадлежащая деятельность. Это есть самоотчуждение, тогда как выше речь шла об отчуждении вещи»1. Иæ ацы хъуыды дарддæр кæнгæйæ, Маркс «Капиталы» фыссы, зæгъгæ, капиталистон хæдзарады кондады рæзты æппæт фæрæз- таэ дæр свæййынц кондады кусæджы сдæл- бар æмæ сэксплуатаци кæныны фæрæз, уы- дон гуылмыз кæнынц кусæджы, уымæп æнæххæст адæймаг аразгæйæ... Иæ кад ын ныллæг кæнынц машинæйы уæлæмхасæны ролы онг, йæ куыст ын скæнынц тухиаг Банысангонд дыууæ формæйы, куыст сцæгæлон кæныны дыууæ фарсы дæр æнæ дæлæ-уæлæйæ æркæнынц æхсæнадон ахастыты æппæт системæ сцæгæлон кæнын* мæ, сæрмагондæй та, иуæрдыгæй адæймагæн æрдз сцæгæлон кæнынмæ, иннæрдыгæй та йын иннæ адæймæгты сцæгæлон кæнынмæ. Уыдонæй фыццаг нысан кæны афтæ, æмæ æддагон æрдзон дунемæ адæймаджы æппæт бирæгъуызон ахастытæ иуæрдæм аиуварс кæнынц уыцы адæймагмæ иунæг ахаст — уымæ куыд кусæн дзаума æмæ кусæн фæрæ- зы хуызы кæсыны ахаст. Уый фæстиуæджы æрдзы фидауц, хъæздыгад æмæ бирæгъуы- зон миниуджытæ уыцы адæймагæн айсæ фынц, фæиппæрд дзы вæййынц. Социализм хисæрмагондисадон ахастыти- мæ иумæ куынæг кæны куыст сцæгæлон кæ- ныны бындурондæр хуызты ратæдзæнтæ æмæ разæууæлтæ. Уый сæвзæрын кæны куыстмæ ахасты бынтон æндæргъуызон принципиалон разæууæлтæ. Номхуындæй та: адæймаджы куыстуарзондзинад, фæл- лой кæнынмæ арæхсын, профессионалон дæс- ныйад æмæ а. д. Уыдон та сты адæймаджы æвæрццаг миниуджыты сæйраг барæн. Фæлæ нын уыимæ иумæ историон фæл- гæрддзинад фенын кодта уый, æмæ куыст- мæ бынтондæр ног ахаст дарыны тыххæй социализм цы æнæмæнгхъæуæг разæууæлтæ сарæзта, уыдон афтæ нæ нысан кæнынц, æмæ сæхигъæдæй фæзынынц, сфидар вæй йынц. Нæ дæр куыст сцæгæлоы кæчыны тыххæй æххæст уавæртæ саразы Бæрæг æмæ æбæрæг мотивтæ, аххосæгтæ æмæ за- къонбæрцадтæм гæсгæ, социализмы рæстæ- джы дæр адæмы зондахасты баззайынц куыст сцæгæлон кæныны æппæт хуызты баззайæццæгтæ. Æмæ уыдон та, бæрæг куыд у, афтæмæй иу кæнæ иннæ хуызы баззайдзысты коммунизмы реалон фæуæла- хизы принципы: «алкæмæндæр — йе взыгъддзинæдтæм, алкæмæн дæр йæ домын- дзинæцтæм гæсгæйы онг». Ньтртæккæ дæр махмæ цъус нæй, сæ бæрнуæвæг хæстæ æмæ хъуыддæгтæм (уыимæ иумæ куыстмæ дæр) куыдфæндыйы ахаст чи дарьт, йæхи фæллойæ чи тьтлив кæны æмæ бонæддейы тыххæй йæхи чи расай-басай кæны, ахæм адæймæгтæ. Уыдон сæхи никуы фæтыхсын кæнынц куысты ахадындзинад фæфылдæр кæныны тыххæй иууыл эффективондæр ма- дзæлттæ агурыныл,сæ куысты стиль æмæ ме- тодтæ фæхуыздæр кæныныл, рацарæзты до мæнтæ æххæст кæныныл Не ’хсæнады ньтрма æххæстæй не ссæрибар кодтам капитализмы рæстæджы æхцайы магион æндæвдадæй! Афтæ куы нæ уаид, уæд нæм кæцæй хъуамæ фæзындаиккой Кунаев, Рашидов, Сушков Кузьмин, Хабеишвили, Гегешидзе æмæ æн- дæрты хуызæн адæймæгтæ. Кæнæ цæвиттон- æн æрхæссæм Г. Молотковы роман «Конт- рабандист»-ы æппæрццаг хъайтар Сергей Дьяченкойы. Уый иттæг хорз бæрæггæнæн- тимæ каст фæцис Мæскуыйы консерватори. Стыр æнтыстытимæ хайад иста скрипкæ- цæгъдджыты æппæтдунейон конкурсты, цы- ран ын иу æмæ дыууæ хатты нæ радтой иу- уыл уæлдæр хорзæхтæ. Фæлæ уымæ æнæ- кæсгæйæ, Дьяченко йæ уыцы кадджын æмæ приоритетон профессийыл йæ къух систа æмæ фæсарæйнаг бæстæты райдыдга ан- тикварон скрипкæтæй спек>ляци кæыын, Кæнæ нæм нырма цъус ис гæртамисджытæ, паддзахадон къазнадавджытæ, спекулянттæ, бюрократтæ æмæ социализмы системæйы æндæр антиподтæ? Уыдонæн ницæй тыххæй ис социалистон зондахастыл лæуд адæй- мæгтæ схонæн. Афтæ нæм кæсы, цыма адæймæгты ацы категорийыл банымайын хъæуы, рæстæгмæ æгуыст адæм кæй хонынц, уыдонæй бирæ- ты. Уыдон алыгъуызон æфсæнттæ æмæ ах- хосæгтæ æрымысынц се ’нæмæт æмæ æвæл- мон царды тыххæй. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр социализмы дуджы куыст сцæгæлон кæныны уавæр иу- варс кæнын æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæр- тæ æмæ разæууæлтæ аразы адæймагон фак- торы активизацийы тыххæй. Уыимæ иумæ, ныртæккæйы домæнтæм гæсгæ, адæймагон факторы активизаци, куыд йæ органикон элемент, афтæ йæ хæсыл нымайы куыст сцæгæлон кæныны ацы баззайæццæгты ныхмæ тохы проблемæ. Уый у вещизм, æвæ- рæнтæ кæнын, хисæрмагондисадон психоло- ги, гæртам исыны æмæ æндæр антиæхсæна- дон фæзындтыты ныхмæ тох. Уыдон сæ зианхæссæг архайдæй цасдæр бæрцæй къуы- лымпы кæнынц адæймагон факторы акти- визацийы æппæт импульстæ фæтыхджындæр кæныны процесс. Ныртæккæ нæм ада^ймагон фактор чи актуалон æмæ активизаци кæны, уыцы мо- тивты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы адæй- магады истори уæвынад кæныны æмæ ар- хайды закъонбæрцон характер бамбарын æмæ банкъарын. Иу хъуыддаг уый у, æмæ адæймаг йе ’взыгъддзинæдтæ æмæ йæ кур- диат кæронмæ куы ратты, уæд уый йæхи цæсты раз свæййы марионеткæ, уымæн йæ- хицæй кæнгæ чи нæ у, ахæм æппæтхъомы- садон, æппæтфæлдисæг тыхты къухты, зæ- гъæм, Гегелы абсолютон хъуыдыйы, дины уæларвон бархъомысы, Шопенгауэры дун- дунейы æнæсубъектон бархъомысы, кæн- нод та æндæр ахæм уæлæрдзон тыхты къу- хы. Дыккаг хъуыддаг та уый у, æмæ куы фæзоны æмæ фембары номхуындæй, адæй- магады æмæ йæхи сæрмагонд историаразæг йæхæдæг кæй у, уый. Уыцы хъуыддаджы сæрмагонд нысаниуæг ис, уæлдæр цы дыууæ бæрæг-бæлвырд факты кой ракодтам, уы- дон’æн. Адæймагады историйы закъонбæрцад- тæн уыдонмæ гæсгæ нæй иунысанон детер- минизацион характер, фæлæ сын ис бирæ- К. Маркс и Ф. Энгельс. Из разных произведений, 619 стр. 6. Журн. «Фидиуæг» № 12. 81
бæрцон бæлвырд æмæ бауырнинаг характер. Уæлдæр цыдæриддæр банысан кодтам, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, не сты адæй- магон факторы актуализаци æмæ активиза- цийы факторты æххæст гаммæ, фæлæ йын аразынц æрмæстдæр йæ бындурондæр уа- вæртæ æмæ разæууæлтæ, стæй уыдон дæр æххæстæй мыййаг нæ. Уыдон среализаци кæнын йæ фæдыл расайы бæрæг бæрцæй уыцы акцентты бынæттæ фæивын. Фæивынц субъективон æмæ объективон, æмбаргæ æмæ æнæбамбаргæйы характеристикæтæ, фæи- вынц историон процессы фыццæгтæй фæс- тæгтæм. Уыцы иурæстæджы дырысæй баны- сан кæнын хъæуы уый, æмæ адæймаджы архайды активизацийы факторты уæлдæр- ранымад фæстиуджытæ сты уыдон æнæ- къуылымпыйæ среализаци кæныны къæп- хæны комкоммæ дæлбар. Цæвиттон крити- кæ æмæ хикритикæйы фæстиуджытæ канд рæстдзинадæй кæнгæ не сты, фæлæ ма сты, уыдон тыххæй уæлдæрлæууæг органтæ рæс- тæгыл æмæ дырысæй сæ хъуыды куыд зæгъ- дзысты, уымæй кæнгæ дæр. Уыцы уæлдæр- лæууæг органтæн сæ бон кæддæриддæр у ахæм критикон фиппаинæгтæ царды сæххæст кæнын. Афтæ нæм кæсы, æмæ мах цалынмæ фæтк дæттыны механизм нæ сахуыр кæнæм, — æппынкъаддæрæй бæрæг-бæлвырд гæр- æнты онг — субъекты мидæггагон равæрды онг — уæдмæ нæ хъуыдытæ æмæ нæ ны- сæнттæ сæ фæндагыл æмбæлдзысты бирæ ныхдуртыл. Уыцы хъуыддаджы мах хъæ- уы нæ партийы историон фæлтæрддзинад. сæрмагондæй та В. И. Ленипы историон фæлтæрддзинад сахуыр кæнын. Æппынфæстаг ма зæгъдзыстæм зонд æмæ бархъомысы проблемæйы тыххæй. Мах не ’ппæт дæр цæстуыигæпæ, кæпæ та фæсаууонмæ æмбарæм кæнæ та, æнкъз рæм уый, æмæ канд æмбæлон идейæты нæ, фæлæ ма æнæмбæлон монцты æддейæ дæр нæ царды ницахæм стыр хъуыддаг æрцæуы. Уый нысан кæны афтæ, æмæ кæцыфæнды хъуыддаджы (уыцы нымæцы рацарæзты) æнтыст дæр баст у, мах уыцы хъуыддагæн разамынды цахæм арæхстдзинад равдисæм, уыимæ, нæ нысан сæххæст кæныны сæрап- понд номхуындæй не ’ппæт хъарутæй æх- хæстæй æмæ гармонион æгъдауæй куыд спайда кæнæм, уыимæ. Æнæмæнг афтæ ба- кæнын кæй хъæуы, уый нын уырнын кæны, куыд хисæрмагонд историон фæлтæрддзн- над, афтæ æппæт адæймагады исюр’Юх! фæлтæрддзинад дæр Махæй сусæггаг нн- кæмæн у, æмæ нæ алкæйы зонд æмæ бар- хъомысы, хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты, сæр æмæ зæрдæйы æхсæн капд мпдæггагоп нудзинад, разыдзинад, кæрæдзиæмбарынад æмæ кæрæдзимæ бахъарынад нæн, фæлæ ма уыдон æхсæн къаддæр нæй кæрæдзийæ принципиалон иппæрддзинæдтæ, æнæразы- дзинæдтæ æмæ ныхмæдзыдтæ дæр, цыран кæд алыхатт нæ, уæддæр арæх сæ «фæны- хæй-ныхмæ» цæуыл фæвæййы, уый раз- вæлгъау ничи фæзоны. Афтæ нæм кæсы, æмæ иу поэты зындгонд рæнхъытæ «Кæ- дæм дугъ кæныс, сæрыстыр бæх, æмæ кæм æрхафдзынæ дæ сæфтæджытæ» цасдæр бæр- цæй нысан кæнынц хъуыдытæ æмæ æнкъа- рæнты, сæр æмæ зæрдæйы æхсæн уыцы тох бамбарыны фæдыл поэты ныфссаст марой. Æмæ уæдæ ацы проблемæйы равзæрд та цæй бæрц рагзаманон у? Æввахсмæ сис- гæйæ, йæ равзæрды истори хауы адæйма^ гады духовон царды рæзты мифологон ста- димæ. Уый тыххæй нын ис мæнæ ахæм æв- дисæндар. Бæрæг куыд у, афтæмæй адæй- маджы царды бирæ фæзындтæ зонадон кусджытæй аивады архайджытæ бирæ раз- дæр рафæлгъауынц. Æмæ кентаврты сурæт- тæ ныв кæнын дæр, мæнмæ гæсгæ, у уæлдæрбанысангонд проблемæйы равдыст. Ахæм фарст æвæргæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ кентавртæн нæй æндæр хуызы равди- сæн, иу дзырдæй, уыдонæн нæй логикон æгъдауæй бамбарæн. Мæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхæсдзынæн аивады ми- нæвары, зынгæ советон ,драматург Виктор Розовы н-ыхæстæ («Литературная газета, 7. V. 1988 аз): «Не мной определен человек как мифическое существо кентавр — слит- ыость коня и всадника воедино. Я понимаю это образное определение и согласен с ним. Конь — это, именно, наши страсти, чувствд, желанпя, порывы. Конь этот может быть до поры до времени покорным, но способен делаться бешеным, мгновенно понестись во весь опор и снести голову всаднику, ес- ли у того нет сил и навыков, чтобы совла- дать с нравом коня... Вот тут-то, по-моему, и кроются корни наших возможностей. Нау- чить, научиться управлять конем. Для это- го человеку даны разум, воля и особая фор- ма знания — интуиция». Ацы дзырдтæ се ’мыдзаг сты философон зынрахатæн хъуыдытæй Æмæ, æцæгдæр, аивадæй философимæ ахæм хид куы сара- зæм, уæд нæ бон у афтæ зæгъын, æмæ фи- лософи кæй ацыдис банысангонд проблемæ- йы иувæрсты. Æппынфæстаг нæм афтæ кæ- сы, æмæ Гегелы панлогизм æмæ Шопенгауэ- ры панволюнтаризмы æмахасты уый гæнæн нæй, æмæ ма фенæм уæлдæрбанысангонд проблемæйы цырагъ, æрмæст ахæм хъау- джыдзинадимæ, æмæ кæд аивадон уацмыс- ты ацы проблемæ æвдыст цæуы йæ кæрæ- дзипыхмæвæрд хийæдты диалектикон иу- дзинады, уæд уæлдæрбанысангонд филосо- фон системæйы та ацы проблемæ æвдыст цæуы иннæрдæм — иу æмбæлон хийады ни- цæмæ дарыны хыгъдæй иннæ хийæдты иу- вæрсыгæй æгæр-æгæр стауынæй. Уæлдæр цыдæриддæр загътам, уыдон нын æвдисæн сты, ацы проблемæ комкоммæ баст кæй у, рацарæзт æмæ адæймагон фак- торы фарстытимæ <+1*+<*
Юмор æмæ сатирæ ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР •РÆСТДЗННАДАГУРÆГ Сатирикон радзырд Мæхицæн дзы исты пайда агурын ’æнхъæлут? Нæ! Саухалты Сауийы æрмæстдæр рæстдзинад хъæуы, æмæ мын мæ дзыхыл авд гуыдыры куы сæвæрой, ме ’взаг мын йæ рæбыныл куы ныллыг кæной, мæ цæстытæ мын туасы бырынкъæй куы скъа- хой, мæ цæнгтæ та мын æфсæйнаг хъандзæлттæй куы нылвасой, уæд- дæр уындзынæн, фысдзынæн, фæ- дисы хъæр кæндзынæн! Ничи мын сæхгæндзæни мæ дзурæнтæ, дзур- дзынæн æргомæй. Æргомдзырд кæй дæн, уый тыххæй мæ бирæтæ сæ уд- хæссæг уынынц. Мæнæ, зæгъæм, нæ дуканийы хицау Парси... Фараст туманы йæ мызд у, æмæ йæ уæлæ та дыууæ миныйаргъ тинты кæрц! Цæмæй йæ балхæдта? Кæй зæгъын æй хъæуы, давæггаг æхцатæй, кæ- дæмдæриддæр йæ хæсгард баххæст, ^—ралвыдта сæ æмæ ма сау «Вол- гæ» дæр балхæдта, дыууæ æддæг- уæлæ галуаны дæр ныззылдта... Иу- дзырдæй, кънйаз! Арагвийы Ерыс- тау æлдар Нугзар! Амæйразмæ йын загътон, зæгъын, алæма æрныма- йæм, цæмæй сæлхæдтай æппæт уы- дон? Уый мын мæ мад æмæ мæ фы- дæн ахъазджытæ ныссидт. Проку- рор, дам, дæ æви фæдагурæг, ОБХСС-ы кусæг æви тæрхоны лæг? Зæгъын, уыдон дæр дæ æрфæрс- дзысты. Уый мын афтæ: «Æдыхст у, иууылдæр мын нард фиуæй æл- хæд сты. Мæнæ ам, мæ армы дзыхъ- хъы, бадынц. Еныр ды, куыдзы фырт, ацу æмæ хъаст-хъыллист кæн. Дзæгъæлы мигътæм ниу... Æндæра дæ ниуынæй къæвда æруарид æви хур ракæсид. Никæд! Уымæн æмæ Ды дæ, сæтæлæгау, æнæбон, фæлæу- уыдтæн дыл, — ныцъцъист дæ. Куы амæлай, æмгæрæтты дæм ничи æр- цæудзæн... Фæлæ мæнæ æз, ныхъ- хъæр кодтон, уæд зæхх нынкъуыс- дзæн, зæйтæ рацæудзысты. Цæмæн? Уымæн æмæ тыхджын дæн. Мæ тых ме ’хцайы ис. Æхца та мæм уый- бæрц ис, æмæ дæу æмæ дæ хуызæт- тæй мин лæджы балхæныны фаг сты. Фæлæ дæ дзыхыл хæц! Кæд дæ æхца хъæуы, æххормаг дын у — цом ресторанмæ æмæ дын де ’ххормаг гуыбын бафсадон. Æфсæст куыдз тæссаг нæу. Тæс- саг æххормæгтæ сты. Ды дæр, куы бафсæдай, уæд ныхъхъус уыдзынæ. Кæд æфсæст дæ æмæ мыл афтæмæй рæйыс, уæд та мæ дуканийæ фе- сæф, цалынмæ дæ сæрыл лæдзæг нæ асасти, хъусыс? Æмæ куыд æнхъæлут, феддæдуар мæ кодта. Æз ыл хъаст ныффыстон ОБХСС-мæ. Æрбацыдысты... бас- гæрстой, æмæ, дам, алцы дæр ны- выл у. Парси та хæрæджы къæдзи- лæй растдæр... хæснагыл æм æрду дæр не ссардтой. Актыл сæ къухтæ бафыстой æмæ йыл сæ мыхуыр æртъæпп ластой. Стæй, сæ былтæ сæрфгæ, мæ фыдбылызтæ фæхас- той. Уый фæстæ мæ Парси федта æмæ мын афтæ: — Нæ дын загътон, куыдзыгуы- бынæйдзыд, æлхæд мын сты, уый? Дур дæ гуыбыны, уыдон кæй ахас- той, уыцы æхцаты æрдæджы æрдæг дæу æмæ дæ гомгуыбын сывæллæт- тæн афæдзы фаг уыдаиккой. Ныр бахæр мæнæ!.. Йæхæдæг та сау «Волгæйы» тæссармæ бабадт æмæ горæты сæйраг уынджы уæлæрдæм — фитт! Мæ цæст дæр æй нал ауыд- та. Йæ фæдыл ма йын мæстыйæ нытту кодтон, зæгъын æй дæ мад 83
æмæ дæ фыдæн бахæрын кæн. Фæ- лæ йæм ме ’лгъыстытæ нал фе- хъуыстысты. Уæд дын такси ра- цахстон... Шофыры фарсмæ бабад- тæн æмæ горæты центры ’рдæм Парсийы фæдыл ацамыдтон. Иудзæвгар рауадыстæм, æмæ дын таксийы æхцанымайæн къопмæ куы фæкомкоммæ уаин. Къопп нæ кусы, æз рамæсты дæн. — Ацы такси кæй у? — фæрсын шофыры. Уый мæм цыдæр дызæр- дыгæй æрбакаст: — Такситæ паддзахады кæй сты, уый хъуамæ зонис... — Æмæ уæд ацы нымайæн пад- дзахады дзыппы бæсты дæ дзыпмæ цæмæн нымайы? Шофыры цæсгом ацъæхтæ-бур- тæ, зæгъгæ ницы кодта, фæлæ дын æваст нымайæн фæзылдта æмæ дзы цифрæ «2» ратæррæст ласта... Мæ’ маст тынгдæр сабухта æмæ йыл мæ пырх акалдтон... — Абырæг! Нырма фондз къах- дзæфы куыннæ рауадыстæм, уæд мæ бон сихорафон куыд стигъыс! Шофыр та ногæй нымайæн къоп- пы æвдузæн фæзылдта æмæ дзы ацы хатт «о» рагæпп ласта. — Цы у уый? Нырма мæн басти- гъынмæ хъавыдтæ, ныр та паддза- хады? Ныртæккæ нымайæн æрны- выл кæн! — Хатыр, фæлæ чи дæ? — шофыр йæ хуыз аныхъхъуырдта æмæ мæм зулмæ æрбакаст. — Æз? Дæ хуызæтты чъизи ми- тæ хурмæ чи ракалы æмæ сæ адæ- мы цæсты чи æфтауы, уый. — А-а-а, иу цыбыр ныхасæй, ха- хуыртæфыссæг. Афтæ у? Уæдæ цы агурыс, уый ацы тæккæ ссардзы- нæ! — шофыр дын тагъдад æваст фæтынгдæр кодта æмæ маншнæ иу тæррæст акодта размæ, æз, пурти- нау, хæрдмæ фæхаудтæн. Мæ тыл машинæйы царыл сцавтон æмæ :>:æ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Ногæй та йæ машинæ цыдæр уæр- мы уырдыгмæ æртъæпп ласта. Мæ сæры хъæбæрæн та — дзаехст, æмæ та, сæркъуырд каркау, мæ бынаты æрхаудтæн. — Мæ хуылфыдзаумæттæ æрыс- къуыдысты, дарæджы фист дæ ма уа! Бауром! Ахизон! Дæ бынаты нытътъæфс у. Мæн æппындæр дæ лæхъуг сæры мæт нæй, мæ план æххæст кæнын хъæ- уы... Дæ гæбæр сомæй мæ уæлвæн- даг нæ фæкæндзынæ, рæстдзинад- агурæг! — Шофыр мæм цыдæр æл- гъгæнæджы цæстæй æрбакаст æмæ машинæ фæндаджы лæгъзытыл нæ, фæлæ асфалт хæлд кæмыты уыд, уыцы æххæлмæххæл рæтты йæ ба- рæй аскъæрдта. Хъуыды ма кæнын, хæрдмæ та фæхаудтæн, фæлæ уый фæстæ уырдыгмæ куыд æрхаудтæн, стæй дуар куыд фегом æмæ уынджы хъæбæрыл мæ уæлхъхъ куыд фæ- цыд, уымæн ницыуал базыдтон... Мæхи æрæмбæрстон рынчындоны. Рыстысты мæ сæр æмæ мæ мæкъуыс- тæг.- Мæ астæуæй мæ нæ дæр иуæр- дæм фезмæлæн уыд, нæ дæр иннæ- рдæм. Иуафон мæ хъустыл ауад: — Ай, рæстдзинад чи агуры, уы- цы кляузник у. Шофыртæ йæ кæм- дæр мардæфсон фæндаджы хъæбæ- рыл ныууагътой. Тагъд æххуысы машинæйыл ма йæ уды мидæг ар- дæм æрбаппæрстой, знонæй нырмæ йе ’муд нæма æрцыд æмæ, æвæц- цæгæн, цæугæ дæр нал æркæндзæн... — Мæ уд уыцы шофыры фæхъ- хъау, амæн цы хъуыд, уый чи акод- та. Базыдтон æй, уый Саухалты Сауи у. Хахуыргæнджытæн сæ гæ- бæрдæр. Бафтыди дыл, — цалынмæ дын масты къус бадара, уалынмæ йæ мæрдты хъæлæсы куы ныххауай, уæддæр дæ нæ ныууадздзæни. Фа- рон мын ме ’фтауцдоны æнæнхъæ- лæджы смидæг. Æнæфактурон то- вартæ мæм уыд... æнаккаджы фырт, кæцæй сæ базыдта... Акт мыл куы ныххыррытт ласид. Уыцы хахуыр- ты гæххæтты гæбаз мын дæс мины слæууыд. Уый фæстæ ма йæ агуырд- тон, хъуамæ йæ уыргæфтыд фæкод- таин, фæлæ йыл хибарæй никуы фæхæст дæн, — дзырдта уатыл уæл- гоммæ чи хуыссыд æмæ фырнардæй йæ бон улæфын кæмæн нæ уыд, уы- цы рынчын. — А-а-а, уæдæ уый Саухалты Са- уи у, зæгъыс, нæ? Æмæ йæ æз дæр цырагъы рухсæй куы агурын... — Дæуæн дæр исты ахæм?.. — Æмæ цы хуызæн... мæ фæдыл бафтыд ацы æнаккаг. Уæд ма рес- тораны директорæй куыстон, æмæ мæ цалынмæ мæ бынатæй нæ фæсу- рын кодта, уæдмæ æнцой не ссард- та. Хъус-ма, кæд йæ уд нæма систа, 64
уæд ын йæ хурхыл бахæцон, арды- гæй йæ комкоммæ уæлмæрдмæ куыд ахæссой. Ингæнкъахджытæн зæ- гъын хъæуы, рагацау ын ингæн куыд скъахой æмæ йæ тæвдæй уым фæ- дæлсыджыт кæной, цæмæй дзы адæм тагъддæр фервæзой. — Дохтырæн бамбарын кæнон, аези йæ мæхæдæг ныххурх кæнон? — Дохтыры сæр нал бахъæудзæн, удхæссæг йæ уæлхъус бады. — Ай мардæрцыд нæу, цы гуы- бынниз дæ хъæуы, цы дæ нæ уадзы... Бæстæ уæлгоммæ у, фысы нард фæхсыны хуызæн, æмæ дзы ды дæр дæ фæрстæ атон æмæ иннæты дæр ма хъыг дар, сволоч! Кæд дæ бон хæрын нæу, уæд та дæ дзых сæхгæн, ныххуысс дæ куыдзы бынаты. — Рæстдзинад, дам, агурæм, сæл- хæртæ! Иу æдылы лæг хосы цъы- найы судзин куыд агуырдта, уый- ау! Æниу æхцайы голладжы фарс- мæ цæй рæстдзинад агурынц, кæд æмæ се уæхсчытыл сæрты бæсты æмбыд харбызтæ сагъд нæй, уæд? — Хатт дзы ахæм куыдзы фырт- тæ разыны, æмæ æхцайы голлаг нæ, йе ’муæз ын сыгъзæрины къæртт куы ныббæттай, уæддæр къæрттæй цъула не схаудзæн, зындгонд мын сты... — Ахæмтимæ та топпы нæмыгæй дзурын хъæуы... Здыйы къæртт ба- дон кæн æмæ йын æй кæнæ йæ пæс- тыты ауадз, кæнæ та йæ хъæлæсы, бынтон саугуырм куыд бауа, науæд та йæ сау зæрдæ цæхæры куыд ны- взалы уа... Палатæмæ чидæр урс халаты æр- бацыд. Мæнмæ кæсгæ дæр не ’рба- кодта, афтæмæй комкоммæ бараст, уæдæй нырмæ сæ хъæлæсæй алы хъылматæ кæмæн хауди, уыдон цурмæ. — Куыд у дæ гæпп, Аршакъо, — фæрсы, кæй цуры æрлæууыд, уыдо- нæй сæ иуы. — Гæбилович, кæд мæ дæ хор- зæх уа, уæд алцыдæр нывыл у, иу дыууæ къуырийы ма аулæфон дæ рьшчындоны, кæд уæдмæ уыцы æл- гъыстаджы ревизортæ амæрттаг уаиккой, æндæра ме ’фтауцдоны æнæфактурон товартæ æгæр бирæ ис... Мæнджы сæ ауагътаин уый мын нал бантыст. Мæ хæрзгæнджы- тæ мæм фæхабар кодтой, уырытæ фæцæуынц, зæгъгæ. Уырытæ реви- зорты хонæм, æмæ цалынмæ уыцы куырм уырытæ ме ’фтауцдонмæ фæндаг агуырдтой, уæдмæ йæ æз азд гуыдырæй æрыхгæдтон æмæ тæвдæй ам смидæг дæн. Дæ нæрæн- бонтæ бирæ, хорз хъуыддаг мын са- рæзтай... Гъе æмæ дын хуыцау хорз ракæнæд... Дæ лæггад дын Дреты Аршакъо мæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæндзæн. — Адон та ма цæмæн хъаеуынц? — Гæбилович ацамыдта, Аршакъо йып йæ дзыппы цы гæххæтты æхцатæ атъыста, уыдонмæ. — Сæ койы аккаг дæр не сты. Де ’фсинæн-иу мæ номыл исты лæвар алхæн. — Нæ хъуыди, Аршакъо, æз æмæ де ’хсæн... — Нæ, нæ, мæ хур. Ды дæр мызды капеччытæм смудыс, æмæ æрмæст смудынæй та лæг гуыбын нæ кæны. Адæм та кæрæдзийы фæрцы сты, цæйау фæзæгъынц: «къух къухы æхсы» кæнæ та «аных мæ æмæ дæ аныхон». Афтæ куы нæ уа, уæд адæм аскъуыиккой. — О, фæлæ ды рынчын дæ... рын- чын та цы... тыхст лæг... дæхи мæм дæ уынгæджыйы сахат æрбаппæр- стай æмæ дын ныр дæ царм куыд растигъон... — Растигъ æй, Гæбилович, ма мын тæригъæд кæн, уымæн æмæ ды мæ- нæй цы царм растигъай, уый сæрмæ æз фараст растигъдзынæн... Афтæ æдзæсгом мæ цæмæн æнхъæлыс, æмæ уыцы фараст цармæй иуæй дæ- уæн сæракын палто ма бахуыйон... æрмæст дын куыд загътон, афтæ, науæд, уыцы æлгъыстаджы уыры- тæ... цалынмæ æндæр хъуыддæгтæм нæ фæуой... æмæ ме ’фтауцдонæй дойнаг мыстытæ (æнæфактурон то- варты афтæ хонæм) æндæр æфтауц- дæттæ æмæ дуканитæм нæ ахъуы- зой, уæдмæ мæ афыссыны фæнд ма скæн. Стæй уырытæ къæхты бын куынæуал тыхсой, уæд-иу дæ фæн- даг ме ’фтауцдоныл ракæн æмæ дын дæ сæракын палто де уæхчы- тыл æрцауындзон. Ноджы ма дæ иу хъуыддаг курын: бафзедзæхс дуар* 85
гæсы, медицинон хоты, цæмæй мæм æддагон адæмæй иу лæджы къах дæр ма æрбаирвæза. Цы нæ вæй- йы... мыййаг искæй мæ дуканийы сæрмæ бон сихорафон арв куы ныг- гæрах кæна... рафæрс-бафæрс... ра- къах-бакъах æмæ фæд ме ’рдæм куы фессæнда... — Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар.., цæй, бузныг дæ лæварæй, æцæг дæ не ’фсин галы бузныг фæуыдзæн. — Уанцон нæу, ахæм зæды хуы- зæн сылгоймагæн уыцы чысыл æх- цондзинад саразыны охыл мæм ныр мæ куыд никуы æрбаулæфыдтæ? Фæлæ ницы кæны, Аршакъойы уæхс- чытыл сæры бæсты зыгуымы голлаг мыййаг не ’рзад... ацы хатт æм исты хъуыды разындзæн. Цæй, дæ дзæ- бæх æфсины цæрæнбонты тыххæй фæйнæ баназæм... — Нæ, Аршакъо, хуыцауы хатыр бакæн, куысты дæн... стæй уыныс, нæ алыварс. рынчынтæ... цал цæс- ты нæм кæсы... — Уадз æмæ кæсæнт... фырхæлæ- гæй сæ цæстыты фиутæ батайæнт... кæд уыдон хардзæй нæ нуазæм, æниу сæ цæстытæ цы ныббызытт ластой... рынчынтæ сты æмæ сæ лыс- тæнты ныссæйæнт. Æниу ацы соми- хаг коньякæй уыдонæн дæр адарин. Цæй, де ’фсины цæрæнбон... нæ дын æй зонын, фæлæ рæхджы цы базон- гæ уæм, уыцы амонд мæ уæд. Ме ’фтауцдоны кæй нæ фендзы- нæ... суанг министры усæй райдай æмæ лекторы устытыл, ОБХСС æмæ прокуратурæйы кусджыты устытыл æрæнцай... Кæй «дубленкæ» хъæуы, кæй сæракын палто, кæй модæйыл хуыд фæсарæйнаг къахы дарæс. Æз дæр сын се ’хсызгон хъуыддæгтæ ацаразын, уæдæ куыд вæййы, æмæ дын раст куы зæгъон, уæд мын аргъ кæнынц. Æз хъуыддаджы лæг дæн... уæдæ... тыхсын, хъуыды кæнын адæ- мыл... — Лæггад мах дæр бæргæ кæнæм, Аршакъо, хатт адæймаджы мæрд- тæй дæр раздахæм... æмæ дын ис- куы исчи дæ хорз раконды тыххæй дæ ном ссардта, уæд халонау ныу- уасынц, гæртам, дам, райстай, зæгъ- гæ, æмæ лæгæн йæ комдзаг йæ фарсыл нал бахæцы. — Ахæмтæн та... сæ мад æмæ сæ фыдæн... Æнаккæгтæ, нæ сæхæдæг хæрынæн сты, нæ искæй хæрын уа- дзынц. Сæ мыггаг сын сыскъуынын хъæуы... адæмы нуæрттыл куыннæ- уал хъазой, афтæ. Мæнæ, уыныс? Саухалты Сауи уыдонæй у, йе ’взаг мæрдтæм хуынкъ кæны. Чидæр æй кæмдæр мардта, ды йæ мæлæтæй раздæхтай æмæ афтæ æнхъæлыс, •фæбузныг дæ уыдзæн кæнæ дын дæ лæггадæн аргъ скæндзæн? Куынйæ стæй? Фучъи! Уый бæсты дыл ха- хуырты зæй раскъæрдзæн... Подлец! Рæстдзинадагурæг! Ахæмтæн сæ рæстдзинадыл нытту кодтон æмæ йæ бырондонмæ фехстон. Дæ хор~ зæхæй, Гæбилович, исты йьгн сараз... куыднæ уал рабада. Цас дæ хъæуы? Мин? Дæс æмæ ссæдз? Æви фон- дзыссæдзы? Алцæуыл дæр—разы. Мæ удæн мын уыцы æхцондзинад сараз æмæ дæ сыгъзæриндоны стул- дзынæн. Ды нæ, фæлæ дæ цоты цот цæмæй фæцæрой, уый бæрц æхца дын ныббæтдзынæн. Атыппыр, адæнгæли маст мæ ри- уы æмæ дын мæхи куынæуал бау- •ромин: — Кæй хæссын кæныс кæ, уæл- мæрдмæ, -хафына, и?!' Æгас горæ- ты фæллæйттæ дæ уæцъæфы аир- вæзтысты, дзæргъ! Æмæ ту нал сæрфыс дæ цæсгомæй... Багъæц, æз дын дæ чъизи митæ хурмæ ра- калдзынæн... дохтыры дзыппы цы æхцатæ нытътъыстай, уыдон дæр дын ницыуал баххуыс кæндзысты! — ме ’ртхъирæнтæ мын Аршакъо æмæ йе ’мбал (базыдтон æй, уый ресторан «Ерцъо»-йы директор Чъы- был кæй уыд) мурмæ дæр не ’рдард- той, фæлæ дохтыры цæсгом йæ урс халаты хуызæн ацис. Иæ къух йæ халаты дзыппы куыд фæтъыста, стæй уыцы къух хæлафы дзыппы куыд февзæрд, уымæн, раст зæгъ- гæйæ, ницы базыдтон. — Æвæццæгæн, дæ цæстытыл исты ауади, Сауи. Цæй æхцаты кой кæныс? — Дохтыр мæм йæ мидбыл- ты фæлмæн бахудт. — Цæй æхцаты, цæ, æуым дын дæ дзыппы уæртæ уыцы æнæбын уæ- цъæф кæй ныссыдта, уыдоны кой, — мæ къухæй йын йæ дзыпмæ аца- мыдтон. Дохтыр йæ халаты дзыппытæ сфæлдæхта. Цыдæр зæгъинаг ма уыдтæн, фæлæ ныхас æвзаджы цъуп- пыл асалд. Ау, мæхи цæстæй куы федтон, Аршакъо йын йæ дзыппы 86
æхца кæй нытътъыста, стæй сæм ны- хас дæр куы рауад. Кæд мæ мæ цæс- тытæ сайынц, уæд мæ хъустæ та?.. — Æвæццæгæн йæ тæвд схызт, дохтыр, æмæ сæнттæ цæгъдын рай- дыдта, — «бамæт» кодта Аршакъо. Дохтыр мæ фарсмæ æрбадт, мæ зæрдæйы цавд мын басгæрста æмæ фæлмæн хъæлæсыуагæй загъта: — Тæвд æм ис... фæлæ тæвды аххос нæу, йæ нуæрттæ сæнкъуыс- тысты,' мæгуырæг, æмæ... фæлæ ни- цы кæны, Сауи, мах дæ адзæбæх кæндзыстæм. Æрмæст мæсты ма кæн. Кæд дын зæрдæйы хъустæ ис, — ралыг сæ кæн æмæ сæ куыйтæн аппар. Кæд дæ цæстытæ æгæр уы- наг сты, уæд розæгъуыз кæсæнцæс- тытæ бакæн... алцы дæр æндæргъуы- зонæй куыд зына, дæ хъусты та къæрмæджытæ бакæн, куынницы æнкъарай æмæ хъусай,..æндæра дæ низ ахæм æлгъыстаг у, æмæ тæссаг у, æррадонмæ дæ куы баскъæра, уымæй. — Мæнæн мæ нуæрттæ нæ рис- сынц... æз... æз... — Зо’нын... зонын, Сауиджан... уыцы низæн нæ дæр цæстæй фенæн ис, нæ дæр банкъарæн, фæлæ мыл, дæ хуыцауы тыххæй, баууæнд æмæ дын æй къуырийы æмгъуыдмæ дæ буарæй федде кæндзынæн. Дохтыр ацыд, чысыл фæстæдæр мæм зæды хуызæн медицинон хо па- латæмæ, йæ мидбылхудгæ, æрба- хызт æмæ, йæ кахкъухтыл сиргæ, мæ тæккæ уæлхъус февзæрд. Йæ къу- хы—мæ цонджыстæвдæн судзин. Ме ^рбадæнты’ мын æй куы ныссагъта, уæд мæ уд куыннæ сцæйхауд. Фæлæ уый, цыма, стыр æхцондзинад рай- ста, уыйау йæ мидбылты разыйы худт бакодта, æмæ, куыд ’æрбаленк кодта, афтæ фæстæмæ дæр йæ къах- фындзтыл асирдта.г Дæс минуты бæрц рацыд, афтæ дын мæ цæстыты хаутæ кæрæдзи- йыл андæгъдысты, æмæ дын уыцы æхцон, æнахуыр фынты куы аленк кæнин. Райхъал дæн изæры дæс саха-. тыл... мæ сæры кæхц мьгн цыма æф- сæйнаг телтæй нылвæстæуыд, уый- ау тъæппытæ хаудта. Гуыз-гуыз код- той хъустæ, цыма мыдыбындзыты æвзæн сæ мидæг æрбынат кодта, ме стджытæ дæр афтæ, цыма сæ дурæй- дурмæ хостæуыд, уыйау рыстысты. Ан!!æмæй та цыма цавæрдæр æнты- ды тъæппæнæг мæ фындзы бынмæ æнхъызт, уыйау цæйдæр хъылмайы тæфæй хæццæ кодта мæ зæрдæ. Ра- кæсын мæ фæндыд, фæлæ цæстыты хаутæ, сасмæй кæрæдзийыл баны- хасæгау, нал гом кодтой. Æрæджи- ау ме ’муд æрцыдтæн æмæ мæ хъус- тæ ацахстой æнахуыр лæджы хъæ- лæс: — Ацы хæрæджы æфтыддаг мыл куы бахъаст кæна, Аршакъо, — мæ сæр цъыссымы смидæг. — Уадз, хъаст æмæ хъыллист кæ’чæд... афæдæд йæ хъæлæс... фел- вæсæд йе ’фсæр! Чи йыл баууæнд- дзæн. — Машинæйæ йæ куы рарæцыгъ- тон, уæд мæ чидæр федта... — Цæмæн æй рарæцыгътай ды. Йæхæдæг агæпп ласта æмæ... — Йæ ныхæстæм баст хæрæг дæр нæ фæлæууыдаид æмæ мæ мæ къух- тæ нал бафарстой... — Загътон дын, йæхæдæг рагæпп ласта... — ??.. — Ома хатт йæ зонд фæкуыддæр вæййы... æмæ уæд цы фæаразы, ууыл нæ фæхъуыды кæны... — ???.. — Гъе, æмæ агæпп ласта дæ ма- шинæйæ, æмбарыс, æмæ асфальтыл — тъупп. — О, фæлæ мыл чи баууæнд- дзæн? — Æууæндгæ? Алцыдæр æхцайæ кæнгæ нæу? Сæ уаг æмæ сæ нымæц куыд уа, уымæ гæсгæ баууæнддзыс- ты... дохтыры дзыппы сæ фæсадз æмæ дын æй де ’хцайы къонайыл ардыгæй психикон рынчындонмæ ныттулдзæн... æмæ дзы нал дæр хъихъхъ ис, нал дæр хъинц. — Ау, æмæ йæ бирæ хъæуы?.. — Цас фылдæр, уыйбæрц — дæ бын сурдæр. — Уæддæр? — Дæс... — Цы дæс? — Минтæ. — Æгæр бирæ сты... — Æгæр бирæ, зæгъыс? Ау, æмæ кæйдæр лæджы дæ машинæйæ куы разыввытт ластай, уæд цæмæннæ анымадтай, алæма ацы лæдЖЫ мард дæ гобаны цъары æмбæхст æхцаТЫ 87
къонатæй уæлмæрдмæ цалыл стул- дзынæ, уый? — «Жигули» балхæнинаг уыд- тæн... — Æмæ афтæ нымай, цыма йæ балхæдтай æмæ дын нали. Лæгæн йæ хорз ус куы амæлы, уæд «Жи- гули» цас диссаг у... Дæхи мауал æфхæр... амард... æмæ фæци. Никуы ничи амæлы. Æгайтма дæхæдæг удæгас баззадтæ... æхцаты та рын- чындоны къæсæрæй суанг æррадоны кæртмæ фæндаг-фæндаг къонагай æрæвæр... Ардыгæй йæ иу тъæпп куыд акæнæм æмæ æваст уыцы æх- цаты къонайыл тулгæ æррадоны куыд амидæг уа... æмбарыс. Тæккæ ахсæв ма йын дохтыр иу судзин скæндзæн, уатмæ йæ ныббæтдзыс- тæм æмæ фитт! Цæй, дæ хъуыддаг рæвдз у. Фæлæ... Цы ма мын æй æмбарын хъуыд: уыцы æнаккæгтæ мын æвирхъау фæнд ныккодтой. Мæ цæстытæ бай- гом кодтон. Уынын, таксийæ мæ чи разыввытт ласта, уыцы хæмхудджын шофыр æмæ Аршакъо къупп кæнынц сомихаг коньяк. «Кæй атулдзыстут кæ, ахцайы къонатыл рынчындонæй æррадонмæ, уæ фæйнæ мад æмæ фыдæн... æз уын афтæ, æз уын уфтæ» — хъуамæ сыл мæ маст акалдтаин, фæлæ мæ цыма арв уыцы уысм æрбагæрах кодта — æфсæртæ нындзыг сты, был- ты, цыма теманæй барæхсадæуыд, — нал байгом сты, æмæ мæ карз ны- хæстæ ме ’взаджы цъуппыл амар- дысты. «Адон хъазгæ куыннæуал кæ- нынц... фыдбылыз мын ныффæнд'^ кодтой, — ныссæххæтт ласта зæр- дæ, — цалынмæ мæ зонд нæ фесæ- фтон æмæ мæ, æцæгдæр, æррадоны нæ амидæг кодтой, уæдмæ — лидз- гæ!» Ныффæнд кодтон æмæ дын æх- сæв иууылдæр куы ныффынæйтæ еты, уæд куыддæрты рабадтæн. Рыст мæ сины стæг. Фæлæ ма мæлæты та- сæй ууыл уыдтæн, цы. Нæ зонын, цы тых мæм фæзынд, фæлæ дын къу- лæнцæптты палатæйæ феддæдуар дæн, Æхсæвы радгæс медицинон хо къæлидоры фæлмæн диваныл хуыр- рытт фынæй скъæрдта. Иæ иувæрс- ты рахъуызыдтæн... Бынаг уæла- дзыгмæ мæ фазыл асинтыл аивæй æрбырыдтæн. Дуæрттæ æхгæд... Дуаргæс никуы зыны. Фæрссаг ба- кодтон æмæ æддæмæ рабырыдтæн. Дзæбæх æрбабон, афтæ удмидæг æрхæццæ дæн нæхимæ. Ме ’мкъай мæ айдагъ мидæггæгты куы ауыд- та, уæд йæ рустæм фæлæбурдта: — Саубон мæ баййæфта, уый цы- хуызæн дæ? — йæхи мыл æрбап- пæрста. Радзырдтон ын хабар. — О, æмæ дын нæ дзырдтон, уаих фæуай, æрсытимæ кæрдо ма цæгъд. Кæмæй агурыс рæстдзинад? Абыр- джытæ, къæрныхтæ æмæ йæ цæс- гомæй ту чи нæуал сæрфы, уыдонæй? Ныббад дæ’хæдзары æмæ ныууадз дæ рафысс-бафысс. Ды сæ не сраст кæндзынæ, — алывыдтæ мын акалд- та не ’фсин. — Сраст сæ кæндзынæн... — Уыдон тыхджын сты æмæ дын исты фыдбылыз!.. — Тыхджын не сты; не ’фсин... Тæппуд сты. Æз уыдонæй нæ, — уыдон мæнæй тæрсынц. Æргомæй нæ уæндынц, фæсфæдæй, хъæстæ кæл- мытау, фæхæцыныл нæ ауæрдынц. Æз сын фæстæдæр сæ хъуыддæгтæ хурмæ ракалдзынæн. — Сыбыртт дын зæгъын, кæд ма дæ мемæ цæрын фæнды, уæд! Абон дæ рынчындоны амидæг кодтой, сом та æррадоны кæнæ Згъудеры уæл- мæрды. Æмæ дын рынчындонæй аирвæзын бантыст, фæлæ æррадо- нæй афтæ æнцæйттæй нæ аирвæрз- дзынæ... никæмæн дæр нырма Згъу- деры уæлмæрдæй æрыздæхын бан- тыст. — О, фæлæ рæстдзинады сæрыл исчи хъуамæ тох кæна... Бирæгъты иууыл сæхи бар куы ныууадзай, — зæххыл цæрæгой нал баззайдзæн... æз сын... — Ныхъхъус у, хорз фæтох код- тай, адæмы ’хсæн дын1 кад уыд, æмæ дыл ныр хахуыргæнæджы ном сбад- ти... æмæ ды дæлдзæх ныххау дæ рæстдзинадимæ, фæлæ мæн ныууадз! 88
Дæу тыххæй мæнмæ дæр адæм зна- джы цæстæй ракастысты... — Чи адæм, цытæ мын дзурыс? — Чи куы зæгъай, уæд уæртæ ду- канийы кусджытæ. Исты æлхæнын- мæ куы бацæуын, уæд сæ товартæ æмбæхсыныл фæвæййынц. Цыма сæм бирæгъы царм бахæссын... æуы- цы ^ æлгъгæнгæ мæм ракæсынц... стæй ма ноджы бирæ чидæртæ... Æмæ æгъгъæд... Дæ бынаты куынæ æрбадай, — афардæг дæ уыдзынæн, хахуыргæнæджы усы æгады ном хæссон, нæ ныббыхсдзынæн. Цы гæнæн ма мын уыд, йæ би- нонты цард чи халы? Уый дæр зæ- рыбонты. Рæстдзинад агуырдтон, æмæ, чысыл ма бахъæуа, мæ бæр- зæй фæцæйсаст. Ныхъхъуыдты уал æй уагътон. Нал дæр тох, нал дæр хъæр æмæ къуыззитт! Иу дзырдæй, мæ тох фæци... Фæлæ нæ. Мæ гæрз- тæ нæма æрæвæрдтон. Мæнæ уал сдзæбæх уон... мæхи хуызæн раестыл- дзурджытæй къорд скæнон æмæ мын уæд додой уæ сæртæ кæны, Аршакъотæ æмæ Гæбиловичтæ. Æз уæ рæстдзинады уæхстыл бакæндзы- нæн. О, уый уын æз, Саухалты Са- уи, зæгъы. Уæ зæрдыл æй бадарут! ДЖИОТЫ ПАВЕЛ ХУДЫНЦ РЕСТОРАНЫ КУСДЖЫТÆ Юморескæ Уæд дын иухатт Фæсхъæуы рес- тораны кусджытæ иумæ фембырд сты тæккæ буфеты раз. Дзурынц, зноны бон сыл куыд ацыд, æхца сæ чи цас бакуыста, уыдæттыл. Æрæ- джиау ныхас æрæфтыдтой клиент- тыл. Нал, дам, бæззынц, уæлдай æх- ца ма чи ныууадзы, уыдон сцъус сты, зæгъгæ. — Нæ куыст фæхуыздæркæнинаг у, — загъта сæ хистæр. — Чи нæм æрбацæуы, уыдон сæ рæстæг хъуа- мæ æрвитой хъæлдзæгæй. Кæмæ уæ цахæм фæндон ис нæ куыст раца- разыны тыххæй? — Æз зæгъдзынæн, — базмæлыд буфетгæс. — Мах архайдыл баст у клиентты зæрдæйы уаг. Канд хæри- наг аразыныл нæ фæуд кæны нæ куыст. Ахуд æмæ, дам, фылдæр фæ- цæрай, фæдзурынц. Адæймаджы ба- худæнбыл кæнынæн та бирæ ницы хъæуы. — Æмæ дæумæ цы фæндон ис?— бакаст æм æхсæнадон хæлцады хис- тæр. — Хуымæтæг фæндон. Æхца хардз кæнын ыл нæ хъæуы. Цæвит- тонæн, махмæ зымæг чи æрбацæуа, уый хъуамæ йæ пальто раласа, ис- куы йæ æрцауындза. Фæлае кæм? Дæлæ ма нæм иу ауындзæн ис, — къуымæрдæм ацамыдта уый, — æмæ йыл иу пальтойæ фылдæр куы ’рца- уындзынц, уæд, расыг лæгау, æр- фæлдæхы. Аппарын æй хъæуы. Кли- ент куы ’рбацæуа, уæд ауындзæн агурдзæн, бустæ нын кæндзæнис æмæ йæ пальто кæнæ рудзынгыл авæрдзæн, кæнæ йæ йæ уæлæ ныу- уадздзæнис, афтæмæй йæ хид кæл- дзæнис. Мах та ахъаззаг фæхуд- дзыстæм. — Ха... Ха... Ха... — худæгæй ба- къæцæл сты æхсæнадон хæлцады кусджытæ. — Чи дын ласы уазалы йæ паль- то, — æнкъардæй дзуры хистæр, — азымæджы ам æгæрæстæмæй нæ сæнтæ дæр куы ныссалдысты... — Мæнмæ дæр иу фæндон ис, — сдзырдта хытынджын лæг: — Цалынмæ клиент фынгыл æр- бада, уæдмæ йæ къухтæ хъуамæ ныхса. Уæртæ хихсæны кранты зи- лæн сæппарæм. Стæй ма бафæлва- рæд æмæ йæ разилæд. Мах та уым дæр фæхуддзыстæм. — Уæ хорзæхæй, мæнмæ дæр байхъусут, — размæ ралæууыд хис- тæр хæринагаразæг. —Æз хæринæг- тыл уый бæрц цывзы аскъæрдзы- 89
нæн æмæ клиенттæ сæ цæссыгтæ куыд калой... — Уый иттæг хорз фæндон у, — загъта афицианткæтæй сæ иу, — Фæлæ ма мын зæгъ, нырæй фæстæ- мæ та цы хæринæгтæ араздзынæ? — Харчо æмæ гуляш. Адæмы къулбадæг ахуыр кæнын нæ хъæуы. Æххормаг лæг алцы дæр хæры. — Æмæ уæд та исчи бифштекс кæнæ бефстрогонов æркуырдта? — Цытæ дæ сирвæзт? Уæрæсе- йы сахуыр дæ уыцы бифштексыл? Ныр ссæдз азы ацы хæринæгтæ ара- зын. Мæ размæ къуылых Кудзи дæр цæргæцæрæнбонты æндæр ницы арæзта. Нæ клиенттæй бирæ хæри- нæгтæ рох дæр фесты. Æз ма сæм бафтаудзынæн къуыдырфых дзидза. Бирæ фыдæбон ыл нæ хъæуы, йæ пайда та йын уæхæдæг зонут. Плов- ыл дæр-иу аскъæрдзынæн бирæ цыв- зы, дзидза цахæм у, уый дæр куыд ничиуал равзара. Æмæ та фырху- дæгæй тæныскъуыд кæндзыстæм. — Ныр та мæнмæ байхъусут, — загъта рестораны хæдзарады хъуыд- дæгты хицау. Жибо райсом фараст сахатыл ба- мидæг йæ хистæр Пырысовичы хæ- дзармæ. Зыдта, уый куыстмæ кæй ацыд æмæ йæ фæндыд йæ бинойна- гимæ баныхас кæнын. Жибо æрхæцыд дуары дзæнгæрæ- джы джыбыйыл. Хистæры бинойнаг Хатим æм ракаст: — Чи дæ хъæуы? — Чысыл мæ хъуыддаг ис. — Пырысович йæ куыстмæ ацыд. — Демæ мæ фæнды дыууæ ныха- сы, кæд гæнæн ис? — Рахиз мидæмæ. Жибо асиныл схызт æмæ мидæ- мæ бараст. — Цахæм адæм нæм цæуы? — Куыд цахæм, — æнæбары каст æм бакодта дыккаг афицианткæ, — кусджытæ æмæ службæгæнджытæ. Сывæллæттæ нæм, мыййаг, куы нæ фæцæуы. — Гъе, æмæ æз та бавдæлдзы- нæн æмæ æрбаласдзынæн сывæллæт- ты уидгуытæ æмæ вилкæтæ. Уадз æмæ-иу сæ тæнгъæд хæринæгтæ чы- сыл уидгуытæй æрæгмæ дæр хæрд фæуой. Уыйхыгъд мах та фылдæр фæхуддзыстæм. — Æз та хыгъдтæ никæмæнуал рафыссдзынæн. Кæй бахъуыди уы- цы гæххæтты гæбаз. Раст зæгъгæйæ, ахæм рæстæджы басты хуызæн фæ- вæййын, уæлдай къапекк никæмæй уал райсдзынæн... — Йæ ныхас бал- хынцъ кодта фыццаг афицианткæ. — Дæлæ уæм клиенттæ æнхъæл- мæ кæсынц, исты сын бахæрын кæ- нут, кусгæ рæстæг у, æмæ уал уе ’мбырд фæуадзут, —»æрбадзырдта сæм, уæдæй нырмæ къуымтæ чи ’фснайдта, уыцы сылгоймаг. Æхсæ- надон хæлцады кусджытæ, Гогол^ «Ревизор»-ы кæронбæттæн сценæйау, сагъдæй аззадысты. Бахудти сыл уæттæфснайæджы зæрдæ дæр. — Сбад, цæй тыххæй нæм бахъиа- мæт кодтай? — фæрсы йæ ус. — Æз дæ лæджы иузæрдыг кусæг дæн. — Уый хорз хабар у, æндæр ма? — Хатим Хатуевнæ, мæ тыхст уа- вæр мæ æрбакодта сымахмæ, бæргæ мæнæн дæр уæлдайаг ницы ис, фæ- лæ кæд мæ хъуыддаг фæрæстмæ уа, уæд амондджын хъуамæ уон. — Уæддæр дæ цы зæгъын фæнды уымæй? — Хорзы йеддæмæ æндæр ницьь — Æмæ дæм хъуысын. — Мыййаг мын мæ хæрзиуæгон БАГАТЫ ВИКТОР ЖИБО 90
фæнд исты фыдбылыз куы сараза, уымæй дæр тæрсын. — Цыдæр аразын кæй фæнды, уый тæрсгæ нæ кæны. — Тас лæгæн йе ’мбæлццон у. — Цæй-ма, ацы хорз лæг, кæд дæ исты хъæуы, уæд æй æргом зæгъ. — Хатим Хатуевнæ, кæд искæмæн батæригъæд кодтат, уæд æз дæр уæ мад, уæ фыды уазæг. — Æмбарын дæ. Дæ ном цы хуый- ны, уымæй дæ куы нæма бафарстон? — Жибо, дæ сæрылхаст уон. — Жибоджан, цом-ма уæртæ ин- нæ уатмæ, — загъта йын ус æмæ йæм йæхæдæг фæрасти. — Жибо йæ мид-зæрды загъта: «Цæй æхцатæ сисон æмæ йæм сæ раттон, чизоны сæ айса... фæлæ нæ, мыййаг сæ йæ лæгæн куынæ схъæр кæна, уæд сæфын». Æмæ исдуг афтæ алæууыд. Хатим æм рамæсты. Телефоны хæ- тæлмæ февнæлдта æмæ лæгмæ дзу- рыныл схæцыд. — Пырысович! Мæнæ мæм’ иу чи- дæр маймули æрбацыд æмæ мæ ду- арахæсты бакодта. — Ныртæккæ уым дæн, ма йæ ра- уадз, — фехъуыста уый телефоны хæтæлæй. Æмæ чысыл фæстæдæр Пырысо- вич дуарæй æрбахызт: — Ам цы аразыс, Жибо, æз дæ уый æнхъæл нæ уыдтæн. — Пырысович, æмæ ды цæмæн афтæ хъуыды кæныс, æз æвзæр куы ницы аразын. — Æввахс ма мæм рацу, куыдзы фырт, айс æмæ йæ баназ, — æмæ йæм дары тасæй сисгæ дон банкæйы, — баназ æй дын зæгъын, науæд дæ ныртæккæ маргæ кæнын. Жибо йæ фыртæссæй адæлæмæ кодта. — Дыккаг дæр баназ, цæмæй дык- каг хатт ацы хæдзармæ фæрсмæ дæр’ макуыуал æрбакæсай. — Цæуыл мæ марыс. Дæ ус нæ, мæхи ус дæр дзæгъæлы куы зайы. Æз дын æхца æрбахастон, ды та мæ маргæ кæныс. • — Цæй æхца? Цы хабар у? — Цæй æхца куы зæгъай, уæд мæ- нæ уыцы «дзæгъæйлаг» æртæ мины. Æфтауцдоны уроминаг мæ нæ уыд- тæ? Пырысович æхца куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци. Хатим дæр сæм кæсгæйæ баззад. — Ай мын цы саразын кодтай, Ха- тим, — дзуры йæм йæ лæг. — Кæимæдæр æй фæхæццæ код- тон, хатыр. — Æз дæ бафæрсдзынæн, фæлæ фæстæдæр. Ныр та уал мын «Бор- жомы дон», йæ ахсæн ын æрæхсын хъæуы. — Тæрсгæ ма кæн, мæхи Жибо. Æхца ам ныууадз. Рæхджы æф- тауцдоны райдайдзынæ кусын, XXX
КУЛЬТУРОН ЦАРДЫ ХРОНИКÆ 1988 22-æм февралы областон библиотекæйы агъуысты уыд литературон изæр, Советон Гарзджын Тыхтыл 70 азы кæй сæххæст, уый охыл. «Советон Æфсады темæ ирои аив лите- ратурæйы» — ахæм темæйыл дзырдта изæ- ры йæ раныхасы Дзуццаты Хадзы-Мурат Уый ма бакаст йе ’мдзæвгæтæ дæр. Уый фæстæ Райгуырæн бæстæ, Советон Æфсад æмæ йæ хъæбатыр хъуыддæгтыл литературон изæры се ’мдзæвгæтæ бакас- тысты Пухаты Александр, Хъодалаты Гер- сан æмæ Миндиашвили Серго. * * * 11-æм марты Цхинвалы иуæндæсæм профессионалон-техникон ахуыргæнæндопы уьгд бæрæгбоны изæр сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты цытæн. Ирон фысджытæй изæры хайад райстой æмæ дзы се ’мдзæвгæтæ бакастысты Аса- ты Реуаз, Миндиашвили Серго, Галуаиты Людæ æмæ Мæргъиты Къоста. * * * 1-æм апрелы Хуссар Ирыстоны пад дзахадон пединституты уыд изæр «Студент æмæ рацарæзт». Изæры ирон фысджытæн хайад райстой, раныхас кодтой æмæ сæ уацмыстæ бакастысты Гаглойты Владимир, Джусойты Нафи, Хъодалаты Герсан, Ха- ребаты Леонид, Миндиашвили Серго æмæ Плиты Феликс. * * * 14-æм апрелы Хуссар Ирыстоны паддза- хадон пединституты уыд литературон клуб «Ныхасы» фыццаг ’фембæлд-изæр. Клубы уæнгтæм ирон фысджытæй уазæгуаты уы- дысты, раныхас кодтой æмæ сæ уацмыстæ бакастысты Джусойты Нафи, Гаглойты Владимир, Хъодалаты Герсан, Плиты Илья, Икъаты Владимир. * * * 28-æм апрелы Знауыры районы Терегуа- ны астæуккаг скъолаиы уыд литературон изæр. Изæрмæ æрцыдысты ахуыргæнджы- тæ, скъоладзаутæ, хъæуы фæсивæд Уым ахуыргæнинæгтæ кастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Изæры раныхас кодтой æмæ сæ уацмыстæ бакастысты Асаты Реуаз, Джусойты Нафи æмæ Харебаты Леонид. * * * 29-æм апрелы" Знауыры раойны Хъор- нисы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ фембæлдысты, ацы скъола æндæр æмæ æндæр рæстæджыты каст чи фæци, уыдонимæ — скъолайы раз- 92 цæры хъомылкæнинæгтим.æ — Дзуццаты Хадзы-Мурат, Козаты Хазби, Тедеты Ав- гар æмæ Арсен, Тасойты Ботазимæ, фем- бæлды ма уыдысты Джусойты Нафи, Гаг- лойты Владимир, Икъаты Владимир æмæ Плиты Феликс дæр. Уыдон раныхас код- гой ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты раз æмæ бакастысты сæ уацмыстæ. Ирон поэтты æмдзæвгæтæ бакастысты скъоладзаутæ. * * * 18-æм майы Знауыры районы Цъорбисы хъæууон клубы уыд литературон изæр. Изæрмæ æрцыдысты хъæуы цæрджытæ, фæсивæд, скъоладзаутæ. Литературон изæры раныхас кодтой, ирон литературæйы рæзты фарстытыл дзырдтой æмæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты Æлборты Хадзы-Умар, Миндиашвили Серго æмæ Плиты Феликс. Уый фæстæ клубы хæдархайгæ аивадон къорд равдыста концерт. * * * 10-æм июны Знауыры районы Арчънеты хъæууон клубы Æлборты Хадзы-Умар, Хъодалаты Герсан æмæ Хъазиты Мелитон фембæлдысты чиныгкæсджытимæ. Уыдои сын дзырдтой рацарæзты проблемæтыл, се ’сфæлдыстадон плæнттыл, дзуаппытæ рад- той сæ фарстытæн. Уый фæстæ райдыдта литературон изæр. Уазджытæ сын бакастысты сæ ног фыст уацмыстæ * * * 27-æм июны Хуссар Ирыстоны фысджы- ты иу къорд фембæлд, ирон æвзаг æмæ ли- тер&турæйы ахукр^æнджытæй ахуырга^н- джыты дæсныйад хуыздæр кæныны инсти- туты курсыты чи ис, уыдонимæ. Æлборты Хадзы-Умар, Харебаты Леонид. Гугкаты Шамил, Плиты Феликс, Икъаты Владимир, Миндиашвили Серго æмæ сын Тедеты Ав- гар бакастысты сæ ног æмдзæвгæтæ, дзу- аппытæ радтой ахуыргæнджыты фарсты- тæн, дзырдтой ирон аив литературæйы абоны уавæрыл. * * * 29-æм июны Н. К- Крупскаяйы номыл об- ластон библиотекæйы чиныгкæсджытæ æмæ библиотекæйы кусджытæ фембæлдысты об- ласты хъæууон хæдзарады раззагонты иу къордимæ. Фембæлды уыдысты, раныхас дзы кодтой æмæ се ’мдзæвгæтæ бакастьь сты Мæргъиты Къоста æмæ Хъодалаты Герсан.
* * * 11-æм июлы Х>ссар Ирыстоны Облсоветы æмбырдгæнæн залы гуырдзиаг зынгæ фыс- сæг, Шота Руставелийы номыл премийы лауреат Панджикидзс Гурам фембæлд чиныгкæсджытимæ: Фембæлд цыбыр разныхасæй байгом кодта Джусойты Нафи. Уый фæстæ Панджикидзе дзырдта йе сфæлдыстадон фæндагыл, гуырдзиаг лите- ратурæйы абоны уавæрыл, дзуаппытæ рад- та чиныгкæсджыты бирæ фарстытæн 12-æм августы Цхинвалы районы Зон- къары хъæууон клубы уыд литгратурон изæр. Уым чиныгкæсджытимæ фембæлдыс- ты Æлборты Хадзы-Умар, Хъодалаты Гер- сан æмæ Хъазиты Мелитон. Уыдон сын дзырдтой ирои аиз литературæйы абопы уавæрыл, семæ ныхас кодтой нæ бæстæйы рацаразæн куыстыл, бакастысты сын сæ ног æмдзæвгæтæ. 16-æм августы Асаты Реуаз фембæлд Цхинвалы 48-æм спецпрофахуыргæнæндоны ахуыргæнджытимæ æмæ ахуыргæнинæгтимæ. Уый сын дзырдта нæ абоны царды хæрзи- уæгон ивындзинæдтыл, нæ литературæйы рæзты фарстытыл, бакаст сын йæ пог æмдзæвгæтæ. 14-æм октябры бонæй Цхиывалы горæты Хетæгкаты Къостайы цырты размæ æрæм- бырд сты Хуссар Ирыстоны паддзахадои пединституты лектортæ, студенттæ, скъо- латы ахуыргæнинæгтæ. Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 129 азы сæххæсты охыл уымæн йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл дзырдта институты до- цент Плиты Гацыр. Студенттæ Гæджиты Хадизæт æмæ Дзиццойты Роксапæ бакас- тысты Къостайы æмдзæвгæтæ Горæты скъоладзаутæ азарыдысты Къос- тайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Уыцы бон изæры æхсæз сахатыл Къос- тайы цырты размæ ногæй æрæмбырд би- рæ адæм. Уым уыдысты областы разамонæг партион æмæ советон кусджытæ Чехойты А. Г., Хъæцмæзты А. А , Гохелашвили М. А., Тъехты Ю. Н., Коцты Г В., Тыбылты И. С, фысджытæ, дзыллæты минæвæрттæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл йæ раныхасы дзырдта Джусойты Нафи. Митинджы раныхас кодта æмæ Къоста- йы æмдзæвгæ «Гъей, джиди» бакаст Абай- ты Вассо. Уый фæстæ институты студенттæ Æл- борты Ацырухс, Авелашвилн Нона, Гæ- джиты Хадизæт æмæ Битарты Лали’ирон æмæ гуырдзиаг æвзагыл бакастысты Къос- тайы æмдзæвгæтæ. Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодалаты Герсан æмæ Икъаты Владимир бакастысты Къостайы номарæн æмдзæвгæ- тæ. Митинджы фæстæ уыд концерт. * * * 15-æм октябры «Къостайы боны» тради- цион адæмон бæрæгбон адарддæр Цхин- валы районы Къостайы хъæуы. Уырдæм æрцыдысты горæты æмæ районы фæллой- гæнджытæ, фысджытæ, культурæйы кусу джытæ æмæ сфæлдыстадон интеллигенпийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ. Къостайы обелискы цур цы митинг уыд, уый цыбыр разныхасæй байгом кодта пар- тийы Цхинвалы райкомы фыццаг секре- тарь Пухаты Инал. Уый фæстæ Къостайы тыххæй ныхас загъта Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секре- тарь Дзуццаты Хадзы-Мурат. Стæй митинджы раныхас кодтой æмæ се ’мдзæвгæтæ бакастысты Асаты Реуаз, белоруссаг фыссæг Гроднев Микола, гуй- раг поэт Шиукъашвили Важа, доцент Цот- ниашвили Автандил, историон зонæдты кандидат Цхуырбаты Иван. Митинджы официадон хайы фæстæ уыд концерт. Бæрæгбоны уыдысты Чехойты А. Г., Хъæцмæзты А А, Гохелашвили М. А., Тъехты Ю Н., Коцты Г. В., Читъишвили В. Д, Бестауты Хъ. Е., Тыбылты И. С, Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы Пре- зидиумы сæрдары хæдивæг Къæбулты Т. Ш. Гуырдзыстоны КП ЦК пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæг Иоселиани А. Ш., Гуырдзыстоны КП ЦК бæрнон кус- джытæ Гулиев М. А., Мгелашвили Н. Н., профессор Абайты В. И., партийы обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргъ- лæууæг Хъуылымбегты Д. С, * * * Уыцы бон стыр бæрæгбон уыд Къостайы райгуырæн хъæу Нары. Уырдæм æрцыдыс- ты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæллой- гæнджытæ, фысджытæ, студенттæ. Митинг байгом кодта партийы Уæлладжырь! рай- комы секретарь Мысостты Азæ. Уый фæстæ раныхас кодтой Цæгат Ирыс- тоны культурæйы министр Хъесаты Вла- димитр, Джусойты Нафи, се ’мдзæвгæтæ бакастысты Балаты Тембол, Хъайтыхъты Геор, Æлборты Хадзы-Умар, Джыгкайты Шамил, Харебаты Леонид, Айларты Из- маил, Хъодалаты Герсан. Митинджы ма раныхас кодтой англисаг поэт æмæ тæлмацгæнæг Уолтер Мэй æмæ йе ’мкъай поэтессæ Серостанова Людмилæ. Уолтер Мэй бакаст Къостайы æмдзæвгæ- тæ англисаг æвзагмæ йæхи тæлмацæй. Къостайы æмдзæвгæтæ ма кастысты’ скъо- ладзаутæ дæр. *^**
ЖУРНАЛ «ФИДИУÆДЖЫ» 1988 АЗЫ МЫХУЫР ÆРМÆДЖЫТÆ РОМАНТÆ, УАЦАУТÆ Букуылты Алыкси — Фæндаг сæрибармæ (сæргæндтæ романæй) — 4, 5. Гаглойты Владимир — Коммунист (уацау) — 3. Козаты Хазби — Тæригъæдтæ (уацау) — 8, 9. Къæбысты Зауыр — Рæхысбаст Амыраны уайдзæф (уацау) — 7. Наниты Асиат — Уый ды дæ? (уацау) — 3. Тедеты Герас — Сырдоны фын (сатирикон уацау) — 2. Харебаты Леонид — Мæ цонг мын ралыг кæн, мæ цонг (уацау) — 10; Хъазиты Мелитон — Мæ мæгуыр фыд (уацау) — 11. Цгъойты Хазби — Фæсмон (уацау) — 12. ПЬЕСÆТÆ Ьицъоты рис I радсом КуСгæ бон нæу? (дыууæархайдон, æхсæзнывон комеди) — 10. РАДЗЫРДТÆ, АРГЪÆУТТÆ, ТАУРÆГЪТÆ Биазырты Роланд — Мады уарзт — 6. Гаглойты Владимир — Æртæ радзырды — 7; Рæстдзинадагурæг — 12. Гæбæраты Никъала — Дыууæ радзырды — 5. Гугкаты Шамил •— Радзырдтæ ■— 2, 7, 9. Гуыцмæзты Алеш — Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ — 6. Джиоты Павел — Радзырдтæ — 1, 6, 9. Коцты Юри — Тæрккъæвда — 7. Къæбысты Зауыр — Радзырдтæ — 4, 9. Остъаты Алан — Хæхты хъæбул — 9. Сланты Ахмæт — Алвирæт (таурæгъ) — 4. Тедеты Руслан — Æз мæхицæн кæуын — 6. Тедеты Садул — Махоркæ — 8. Тыджыты Павел — Радзырдтæ — 11. Уанеты Валери — Æмбырд — 6. Уалыты Зарæ — Радзырдтæ—12. Хуыгаты Уасил — Æхсæрдæсæм цæф — 7. Хъороты Сослан — Щзебо — 12. Четиты Рубен — Нуæс — 5. ÆМДЗÆВГÆТÆ Адамия Геннади—Æмдзæвгæтæ (абхазаг æвзагæй Нафийы тæлмац) — 1, Асаты Реуаз — Æртæ балладæйы — 5; Æмдзæвгæтæ— 11. Бахъаты Нугзар — Æмдзæвгæтæ—4, 10, 11. Беджызаты Чермен — Æмдзæвгæтæ ■— 8. Бичкаты Мадинæ — Æмдзæвгæтæ — 3. Богданович Максим — Æмдзæвгæтæ — 2. Вашагашвили Жужуна — Æмдзæвгæтæ — 9. Гафез — Æмдзæвгæтæ — 7. Гаглойты Григол — Æмдзæвгæтæ — 7. Галуанты Людæ — Æмдзæвгæтæ — 4. Гобозты Валери — Æмдзæвгæтæ — 1, 9. Давиташвили Джунæ — Æмдзæвгæтæ (Дзуццаты Х.-М. тæлмац) — 3. Джиоты Джетæ — Æмдзæвгæтæ — 5. Икъаты Владимир — Æмдзæвгæтæ — 6. Козаты Владимир—Æмдзæвгæтæ—1. Кокойты Эльзæ — Æмдзæвгæтæ — 3, 11. Лорка Гарсиа — Романс испайнаг жандармерийыл — æмдзæвгæ (Æлборты Х.-У. тæлмац) — 6. Мæргъиты Къоста — Æмдзæвгæтæ — 2, 4, 8. Миндиашвили Серго — Æмдзæвгæтæ — 2, 10. Нафи — Æмдзæвгæтæ — 6. Нонешвили Иосиф — Цы дын æй æмбæхсон? — æмдзæвгæ (Асаты Р. тæл ) — 6. 94
Йлиты Грис — Æмдзæвгæтæ—12. Плиты Илья — Æмдзæвгæтæ—10, 11. Плиты Феликс — Æмдзæвгæтæ — 5, 12. Плиты Заирæ — Æмдзæвгæтæ — 3. Плиты Олег — Æмдзæвгæтæ — 8. Пухаты Александр — Æмдзæвгæтæ — 4, 11. Пухаты Пъетро — Æмдзæвгæтæ—12. Светлов Михаил — Гренадæ — æмдзæвгæ (Плиты Ф. тæлмац) — 7. Скифирон — Æмдзæвгæтæ — 12. Тасойты Никъала — Æмдзæвгæтæ — 9. Тедеты Авгар — Æмдзæвгæтæ — 6. Туаты Ленæ — Æмдзæвгæтæ — 3, 10. Харебаты Леонид — Æмдзæвгæтæ — 3. Хуыгаты Ритæ — Æмдзæвгæтæ — 3. Хуыгаты Мырзабег — Æмдзæвгæтæ — 7. Хозиты Петр — Æмдзæвгæтæ — 2. Хъодалаты Герсан — Æмдзæвгæтæ—1, 9. Хъодзаты Æхсар — Æмдзæвгæтæ — 5. Хъороты Хъазбег — Æмдзæвгæтæ — 8. Цæриаты Мери — Æмдзæвгæтæ — 3. Цхуырбаты Иван — Æмдзæвгæтæ — 2. Шиукъашвили Важа — Æмдзæвгæтæ — 8. Юхма Мишши — Æмдзæвгæтæ (Дзуццаты Х-М. тæлмац) — 3. ОЧЕРКТÆ Асаты Реуаз — Дыууæ зынджы астæу — 2; Сылгоймаджы хъысмæт — 3. Башарули Еленæ — Тохвæллад дохтыр — 1. Джиоты Евгения — Сырх партизан — 1. Гасситы Валери — Къоста æмæ Гуырдзыстон — 3; Мæлæтæй тыхджындæр — 8. Гаглойты Зинæ — Номдзыд ахуыргонд (Уанеты Захары 100 азы юбилеймæ) —10. Гуыцмæзты Захар — Фыдæй фыртмæ — 11. Гроднев Микола— Фæстаг зарæг— 12. Тъехты Баграт — Фыдæлты уæзæг — нæ цин,нæ сагъæс — 11 Хъодалаты Герсан — Лсхурагом — 5. Хъороты Сослан — Мады зæрдæ — 1. А И В А Д Гасситы Ельвирæ — Ирон театры историйæ — б. Мкртчян Таймураз — Сфæлдыстадон фæндагыл — 2. Цоциты Къæдзæхмæт — Æрдзон курдиат — 6; Хæдбындур курдиат — 9. КРИТИКÆ, ПУБЛИЦИСТИКÆ ÆМÆ ЦЫБЫР РЕЦЕНЗИТÆ Æгънаты Æхсар — Роксалан — Росалан — Россиан — 4. Авторты коллектив — Фыстæг «Фидиуæг»-ы редакцимæ — 2. Æлборты Мурат — Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад æххæст хæдзарадон хыгъдмæ акæныны тыххæй — 6. Æлборты Хадзы-Умар — Фæстæмæ акæсгæйæ—11; 12. Хъодалаты Герсан \ тт п ^ 10 Багаты Чермен /~ Чк дæ' Сталин? ~ 12' Биазырты Алыксандр — Нарты эпосы истори — 5 Битеты Фаризæт — Райдиан кълæсты — 6. Байаты Гаппо — Пушкин хохаг адæмы цард’ы — 9. Булкъаты Михал — Гафезы амындтытæ — 7. Поэты автопортрст—12. Гаглойты Владимир — Нæ адæмы историон, литературон æмæ духовон культурæйы цыртдзæвæнтæ — 1. Гаглойты Руслан — Хуссар Ирыстоны рагзаманты цæрæг адæмы бæхы культы иуæй- иу фарстытæ — 3. Гаглойты Юри — Ирæтты этногенезы фарстытæ Уанеты Захары куыстыты — 9. Галуанты Нинæ — Кæстæркар сывæллæтты куыстыл хъомылкæныны фарстытæ — 2. Гасситы Валери — Къоста æмæ гуырдзыстон — 3; Мæлæтæй тыхджындæр — 8. Гасситы Маринæ — Ирон адæммæ травматæн хос кæныны рационалон-эмпирион методты тыххæй ■— 8. Гобозты Иван — Фембæлдтытæ Францы зæххыл — 10. Дыгъуызты Хъазбег — Аланты базарадон бастдзинæдтæ Евразийы паддзахæдтимæ нæ заманы райдианы — 8. Дудайты Герсан — Чызджыты æвзаг æмæ хатиаг æвзаджы фæзынд æмæ нысаниуæг нæ рагфыдæлтæм— 11. Джусойты Нафи — «Тæхудыйаг йæхи зонынхъом чи сси!» — 9. Дзассохты Валери — Дзассохты Гцгойы тыххæй йæ бинойнаг Мария Гаврилы чызджы мысинæгтæ — 9. 95
Дзиццойты Юри — Аргæрæн æви аргæнæн — 6; Ирон æвзаджы æвæрæнтæй — 9, Дзабиты Зарбег — Ирон дзырдтæ адыгъейаг æвзаджы — 6. Дзуццаты Хадзы-Мурат — Богданович Максим — 2. Ирыстоны æдзард хæстонты фыстæджытæ хæсты быдырæй — 5. Исаты Зоя — Ирзонынады историон бындуртæ ■— 4. Испайнаг сагъæссайы кæлæнмыр поэт — 6. Коцты Къоста I л ^ _ Цоциты Алан р фаРны бынат ИР0Н идеологииы - 7. Куымæридтаты Алехсандр-—Ленинон декрет — 6. Къахниашвили Циала — Мыдыбындзыты хæлар — 3. Къæбысты Адæ — Профессисналон æмæ адæмон музыкæйы æмахастытæ — 3. Къæбысты Рутен — Адæймагон фактор æмæ культурæ— 12. Къæбулты Руслан — Стыр уырыссаг педагог Макаренко æмæ хъомылады фарстытæ — 1 Кодты Петр — Ирон æвзаг амоыыны иуæй-иу проблемæтæ — 7. Нафи — Уац — 12. Наниты Виссарион — Куыд æрцардысты Урс-Туалты алы мыггæпæ—1; Хъемултайы комы мыггæгты равзæрд — 7. Плиты Ильяйы райгуырдыл сæххæст 75 азы— 10. Плиты Муссæ — Ахуыры ахсджиаг амал-—6. Пухаты Александр — «Уарзты фыдаудæнтæ» — 1; «Мæ артдзæст» — 6. Саламадзе Важа— Кондадон инфраструктурæ у нæ областы сæудæджерадон кондад сырæзын кæныны мадзал — 6. Скифирон — Ам дæр та нс стыр поэты цæвиттон — 4. Битарты 3. А. Иуæй-иу фразеологизмты синтаксисон фарстытæ ирон æмæ гуыр бордиа Ж. А. / дзиаг æвзаджы — 1. Саулохты Хъырым — Мæ зæрдыл лæууы æвзонгæй — 8. Табуашвили Заирæ — Патрнотизм æмæ сабиты хъомылады иуæй-иу фарстытæ Илья Чъавчъавадзейы сфæлдыстады — 6. Тедеты Герас — Не ’взаджы рохгонд хæзнатæ — 7. Тедтойты Зинæ — Вазыгджын конструкциты райрæзт ирон æвзаджы ■—6. Тугъанты Енвер — Мысинæгтæ. мæ фыды тыххæй — 8; Санахъоты Мате—12. Хъуылымбегты- Роберт—Гудзаретгомы цæрæг ирæтты культурон традицитæ — 2. Цхуырбаты Зелим — Сидæмон, йе ’фсымæртæ æмæ скифаг генеологион легендæ — 2: Ирыстоны уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ иртасын — 8. Цотъниашвили Автандил — Гиорги Натадзе — Гуырдзиаг æмæ ирон адæмы хæлардзи- нады сæрхъызой — 11. Цотъниашвили Михаил—Гуырдзиаг æмæ ирон адæмы рагисторион бастдзинæдтæ — 4 Четиты Рубен — Куырыхон иртасæг — 2. НÆ КАЛЕНДАР Æлборты Хадзы-Умар — Гафезы райгуырдыл сæххæст 75 азы — 7. Дзаттиаты Гиуæргийы райгуырдыл сæххæст 75 азы — 2. Харебаты Леонид — Фæззыгон хуын — 1. Хъороты Сослан — Цардамонды курдиат — 8. ЮМОР ÆМÆ САТИРÆ Антикон афоризмтæ—1. Багаты Виктор — Миниатюрæтæ — 11; Жибо — 12. Гасситы Барис — Добрæ æмæ Кобрæ — 6; «Алцызонæг» — 11. Гуырдзиаг адæмон новеллæтæ — 4. Джиоты Павел — Нозтуарзджыты Ногазон хъуыдытæ—11; Худынц рестораны кус- джытæ— 12. Дзабиты Зарбег — Гæххæтт кусы — 11. Дзассохты Валери — Миниатюрæтæ— 11. Пысырайы тæппæлттæ — 3 Санахъоты Георги — Документ (юморескæ); Миниатюрæтæ — 6. Сайфуддин Омар — Уарзт æмæ къахæнгуылдзтæ — 11. Цæлыккаты Маирбег — Миниатюрæтæ — 11. Цгъойты Клим — Уыциу-уыциутæ — 8. Цхуырбаты Уасдже — Миниатюрæтæ — 5, 9. ч*л*
«Сæумæрайсом> «Зымæгон псйзаж» Бежанты Вадим — ирон нывгæнджыты кæсдæр фæлтæры курдиатджын минæвæрттæй иу, райгуырд 1942 азы Дзауы. Каст фæцис Тугъанты Махар- бсджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон. Иæ куыстытæ æвæрд вæййынц областон, республикон æмаэ цæдисон равдыстыты. У ССРЦ нывгæнджыты Цæдисы уæнг. Бежаны фырт фылдæр кусы пейзажы жанры, фæлæ хорз арæхсы адæй- мæгты фæлгæнцтæ æвдисынмæ дæр. «Фидиуæджы» цъарыл цы нывтæ ис, уыдон сты йæ ногдæр куыстытæй.