Текст
                    #*
№
МАРТ
1976
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН-ПОЛИ-
ТИКОН ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
Журнал цæуы 1927 азы январæй
СЦКП XXV СЪЕЗДЫ ÆМБ. Л. И. БРЕЖНЕВЫ ХЫГЪДОН ДОКЛАДÆЙ . 3
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ — Тымыгъ (радзырд) 11
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН — Æмдзæвгæтæ 17
БУЛКЪАТЫ МИХАЛ —Дæ фыдæлтæ рухсаг (скъуыддзаг историон романæй) . 24
КЪУСРАТЫ ЕГНАТ — Æмдзæвгæтæ ’ . .48
НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН
ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД —Æмдзæвгæтæ 50
НАНИТЫ АСИАТ—Радзырдтæ 56
ТЕДЕТЫ ВАЛЯ — Дзæнгæрæг (радзырд) 58
ФЫССÆГ ÆМÆ ФОНДЗАЗОН
ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН —Гъæд æмæ фæд (очерк) 61
ЛЛИТЫ ИЛЬЯ — Хъомылгæнæг (очерк) 66
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
ДЖИОТЫ ХАЗБИ — Чи у автор? 70
НАФИ —Кæй уацтæ сты — Секъайы æви Цомахъы 75
ЦОЦИТЫ АЛАН — Хæцæнгарзы культ рагзаманы ирæттæм æмæ йæ ахаст æхсар
æмæ хъæбатырдзинады культмæ 85
САУЛОХТЫ УЛЬЯНÆ — Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы историйæ ... 89
ГУБАТЫ ФЕДЫР — Ирон хæхбæсты бындурондæр кондæдтæ .... 92
19-ЦХИНВАЛ — 76


Ф И Д И У А Г ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫИ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКЙИ ЖУРНАЛ Орган Юго-Осетинского отделения Союза писателей Грузии Й^ЗЗСГ^З0^)^0 СГ^сЬО^^б^^сЗ^’^^сЬЗ^сЗСГ0 С?° Ьо^оототзэсГсоЬ Э^зсоос^ото ^о>з*ЗоотоЬ ЬоЗЬсодот соЬдотоЬ ^обусоозо^дооЬ сосо0о(эсо Сæйраг редактор Гаглойты Вл. Редакцион коллеги: Бестауты Г., Букуылты А., Гæбулты М., Джусой- ты Н., Дзугаты Г., Козаты И., Мæргъиты Къ„ Пухаты Ал. (бæрнов* секретарь). Техредактор Гасситы Ф. Корректор Куьшæридтаты 0. Сдано в набор 3. II. 1976 г. Подписано к печати 16. III. 1976 г. Формат бумаги 70x108716^ Учет.-изд. листов 6,5. Печатных листов 8,7. Заказ типографии Л° 180. ЭТ 00239. Тираж 3664 экз. Адрес редакции: гор. Цхинвал, ул. Ленина, 3. Тел. 22—65, 22—60. Адрес типографии: гор. Цхинвал, ул. Московская, 5. Тел. 42—25. 22—24. Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты.
СЦКП XXV СЪЕЗДЫ ÆМБ. Л. И. БРЕЖНЕВЫ ХЫГЪДОН ДОКЛАДÆЙ Партийы идейон-хъомыладон куыст Æмбæлттæ! Нæ цардæвæрды тых ис, дзыллæтæ æмбаргæ кæй сты, уый мидæг. Æмæ парти дæр иудадзыг ауды дзыллæты коммунистон æмбаргæдзинадыл, коммунизм аразынмæ цæттæдзинадыл, фæндвидар- дзинад æмæ арæхстдзинадыл хъомыл кæныныл. Хыгъдон рæстæджы не ’ппæт куысты стыр бынат уыд адæймæгты идейон хъомылады, ног адæймаг — коммунизмы аккаг аразæг хъомыл кæныны фарстытæн. Куыд æппæт йæ революцион-рацаразæг архайд, афтæ коммуние- тон хъомылады хъуыддаг дæр СЦКП аразы марксистон-ленинон тео- рийы фидар бындурыл. Марксизм-ленинизм у раст стратегичæмæ так- тикæ бакусыны иунæг фидар бындур. Уый махæн æмбарын кæны исто- рион перспективæ, æххуыс нын кæны бирæ азтæн развæлгъау социа- лон-экономикон æмæ политикон рæзынады фæдыздæхт базоныны хъуыддаджы, дунеон цауты раст базонынæн. Марксизм-ленинизмы тых ис, иудадзыг сфæлдыстадон æгъдауæй кæй рæзы, уый мидæг. Аф- тæ нын амыдта Маркс, афтæ нын амыдта Ленин. Нæ парти алы хатт дæр æнувыд уыдзæн уыдоны фæдзæхстытыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй кæцыфæнды теорийы æцæгдзинады критери у практикæ. Кусæг класс æмæ æппæт фæллойгæнджыты рево- люцион тох, коммунистты æппæт практикон архайд бынтондæр бæл- вырд фенын кодтой, марксизм-ленинизмы мидис чи æвдисы, уыцы тео- ретикон уагæвæрдтæ æмæ принципты фидардзинад. XXIV съезды баца-мындтæм гæсгæ бирæ сарæзтæуыд марксистон- ленйнон теорийы актуалон проблемæтæ бакусыны фæдыл. Партион до~ кументты баиугонд æрцыд ног æхсæнад аразыны стыр фæлтæрддзи- над, анализ сæ арæзт æрцыд дунеон рæзынады ногдæр процесстæн. Стыр æнтыстытæ бафтыдысты философон, экономикон æмæ историон ^зонæдты къухы, социалон æмæ политикон проблемæтæ ахуыр кæныны хъуыддаджы. Бæстæйы рæзынады ныры этапы нæ къаддæр кæны теори дард-- дæр сфæлдыстадон æгъдауæй бакусыны домынад, уый нæ, фæлæ кæны ноджы тынгдæр. Куыд иумиаг теоретикон, фундаменталон, афтæ при- кладон характеры иртасæнтæ ахадгæйæ æххæст кæнынæн ног фадæтг тæ фæзынд æндæр æмæ æндæр зонæдты, цæвиттон, æрдззонæны æмæ æхсæнадон зонæдты къабазы. Уыдонæй спайда кæнын хъæуы æххæстт дæрæй. Парти æмæ паддзахады хъæуынц, æппæты фыццаг кондад рæзьш 3
кæныны æмæ кондадæн разамынды фарстытимæ баст чи сты, акæм проблемæты фæдыл иртасæнтæ, кондады эффективондзинад зынгæ сырæзын кæныны фадат чи дæтты, ахæм рекомендацитæ. Иттæг ахсджиагыл нымад цæуы, не ’хсæнады рæзынады, йæ ара- зæг тыхты рæзынады тенденцитæм чи хауы, уыцы фарстыты арф ирта- сынад. Уымæ, цæвиттон, хауынц æххæст социализмы уавæрты куысты характер æмæ мидис, социалон структурæйы ивындзинæдтæ. Куыстмæ гæсгæ дих кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын, моралон æмæ мате- риалон разæнгарддзинад æмиу кæнын, социалистон цардыуаг æмæ нæ биржкъабазон культурæйы рæзт—æппæт ацы проблемæтæм æркæсы- ны тыххæй баиу кæнын хъæуы æндæр æмæ æндæр зонæдты минæвæрт- ты тыхтæ. Дарддæр дæр æнæмæнг ахуыр кæнын хъæуы нæ паддзахады рæзынады, хъомыладон, идеологион куысты формæтæ æмæ методтæ. Уымæ гæсгæ стыр хъусдарды аккаг у æхсæнадон хъуыды сахуыр кæ- нын. Советон ахуыргæндтæ хъуамæ ма рох кæной, фæстаг рæстæджы чи фæкарздæр, нæ алфæмблайы æрдз æмæ- цæрджыты уыцы пробле- мæтæ. Æрдзæй социалистон æгъдауæй пайда кæныны хъуыддаг фæ- хуыздæр кæнын, ахадæн демографион политикæ у æрдззонæн æмæ æх- оæнадон зонæдты æнæхъæн комшгексы ахсджиаг тых. Стырæй-стыр- дæр нысаниуæг ис дунеон рæзынад æмæ дунеон ахастыты, револю- цион процессты, йе ’ндæр æмæ æндæр гуылфæнты æмархайд æмæ иу- дзинады кардиналон проблемæтæ, демократийы сæраппонд тох социа- лизмы с&раппонд тохимæ æмиу кæныны, ныры дуджы сæйраг фарст — хæст æмæ сабырады фарсты тыхты тохы кардиналон проблемæтæ зо- надон æгьдауæй раиртасынæн. Æвæццæгæн, не ’хсæнадон зонæдты раз цы хæстæ лæууы, уыдо- нæн аскъуыддзаггæнæн ис æрмæстдæр цардимæ се ’нгом бастдзинады фæрцы. Схоластикон теоретикан амындтытæ нын æрмæстдæр бакъуы- лымпы кæниккой нæ размæцыд. Зонады эффективондзинад сырæздзæн æрмæстдæр практикæимæ йæ багстдзинады фжрцы. Æмæ уый та абон у сæйрагдæр проблёмæтæй сæ иу. XXIV съезды нысан чындæуыд, зонадон куысты сфæлдыстадон уа- вæр саразынæн цахæм нысаниуæг ис, уый. Ацы хæс абон дæр у, знон куыд ахсджиаг уыд, афтæ ахсджиаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæстæн- гастæ кæрæдзиимæ сфæлдыстадон æгъдауæй æмиу кæныны хъуыддаг хъуамæ бындуриуæг кæна нæ иумиаг марксистон-ленинон идейон плат- формæйыл. Ахсджиаг хъуыддаг у, цæмæй фидар æххæст цæуой зона- ды мидæг партиондзинады принциптæ, цæмæй ахъаззаг ныхкъуырд лаевæрд цæуа фæсарæйнаг идейон ныхм^æлæуджыты рахисон-оппорту- нистон æмæ «галиууон» цæстæнгастæн. Æмбæлттæ! XXIV съезды фæстæ ЦК райста къорд уынаффæйы, цыран баиугонд æрцыд идеологион куысты фæлтæрддзинад, амынд сæ æрцыдысты уый фæхуыздæр кæныны сæйраг фæндæгтæ. Цæвиттон, Ташкенты горæтон партион организацийы куысты тыххæй уынаффæ- йы .æркастæуыд коммунистты марксистон-ленинон ахуыры фарстытæм. «Белорусийы партион организаци идеологион кадртæ æвзарын æмæ хъомыл кæныныл куыд кусы, уый тыххæй» æмæ «Журналистты кадр: тæ цæттæ кæныны мадзæлтты тыххæй» уынаффæты фарст уæрæх æвæрд æрцыд идеологион кадртимæ куысты æнæхъæн системæйы тыххæй. Уый фæстиуæгæн хыгъдон рæстæджы зынгæ сырæзти бынæттон партион организациты активондзинад ацы хъуыддаджы. Уыдон фыл- дæр хъусдард здахынц идейон-хъомыладон куысты сæвзæргæ фарсты- тæм, арфдæр ын бацыдысты йæ мидисмæ, æнгомдæр æй бæттынц хæ- дзарадон æмæ культурон арæзтадимæ. Æмткæй идейон-политикон куысты мах рацыдыстæм размæ. Фæлæ нын ницы бындуртæ ис нæхицæй ныббуц уæвынæн. 4
Райсут нæ мидæггагон цард. Алы бон дæр æрхæссы зæрдæрухсгæнæн цаутæ. Цардмæ бацæуынц ног фæлтæртæ. Зонады æмæ техникæйы рæз- ты фæрцы ноггонд цæуынц социалон-экономикон уавæртæ. Адæмы æм- баргæдзинад æмæ цæттæдзинад кæй сырæзт, уымæ гæсгæ стырдæр до- мæнтæ æвæрд цæуынц дзыллæты ’хсæн не ’ппæт куысты тыххæй. Афтæмæй та ацы хъуыддаджы махмæ нырма ис зынгæ цухдзинæдтæ, æнæаскъуыддзаггонд проблемæтæ. Дунеон политикæйы æвæрццаг ивындзинæдтæ кæй æрцыд, æндыгъ- дад кæй фæрогдæр, уый фæрцы хорз фадæттæ фæзынд социализмы идеятæ уæрæх парахат кæнынæн. Иннæрдыгæй фарс та дыууæ систе- мæйы идейон тох кæны активондæр, империализмы пропагандæ та — хйнæйдзагдæр. Дыууæ дунембарынады тохы бынаты хъуамæ ма уа нейтрализм æмæ компромистæн. Ам хъуамæ уа бæрзонд политикон цырддзастдзинад, ак- тивон, оперативон æмæ фидар пропагандистон куыст, рæстæгыл ных- къуырд лæвæрд цæуа знагиуæгон идеологион диверситæн. Афтæмæй нырыккон уавæртæ ног хæстæ æвæрынц партийы идео- логион архайды раз. Партион организациты практикæ нын амоны ахæм фæндаг, кæцыйыл цæугæйæ, нæ къухы бафтдзæн идеологион архайды эффективондзинад сырæзын кæнын. Уый у хъомылады æппæт хъуыдда- джы фарстмæ комплексон ахаст, ома идейон-политикон, фæллойадон æмæ хæрзæгъдауыл хъомылады æнгом иудзинад, фæллойгæнджыты æн- дæр æмæ æндæр къордты миниуджытæ бахынцгæйæ, сифтонг кæнын. Идейон хъомылады хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис политикон рухсадæн. Ацы хъуыддаджы мах цъус нæ сарæзтам. Ахъуыды-ма кæнут мæнæ ахæм фактыл. Ныртæккæ æрмæст партион ахуыры системæйыл ахуыр кæны 20 миллион адæймаджы бæрц, уыдонæй авд миллионæй фылдæр сты æнæпартионтæ. Политикон зонынадты бындуртæ ахуыр кæ- нынц нæ ахуыргæнинаг фæсивæд — скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Марк- сизм-денинизм массон æгъдауæй ахуыр кæнын у ныры этапы æхсæнадон æмбаргæдзинад сырæзын кæныны ахсджиагдæр миниуджытæй сæ иу. Ныртæккæ парти цы ног этапмæ хизы, уым ахсджиаг у, цæмæй партион ахуырмæ коммунисттæ æмæ æнæпартионты уæрæх дзыллæты бакæнынимæ иумæ сæрмагонд аудындзинад равдыстæуа ацы куысты мидисмæ, йæ теоретикон æмвæзад ын сырæзын кæнынмæ. Партион рух- сады æппæт системæйы сæйраг хæс æввахсдæр рæстæджы уыдзæн пар- тийы XXV съезды уынаффæтæ лæмбынæг сахуыр кæнын. Æмæ мах æппæты фыццаг хъуамæ саразæм афтæ, цæмæй съезды æрмæджытæ хорз сахуыр кæной æвзонг коммунисттæ, стæй уæд партийы рæнхъытæм бацæуынмæ йæхи чи цæттæ кæны, уыдон. Съезды идеятæ алы комму- нистмæ, алы советон адæймагмæ фæхæццæ кæнын — ахæм кадджын хæс ис канд нæ пропагандисттæ, лектортæ æмæ докладгæнджытыл нæ, фæлæ не ’ппæт партион активисттыл дæр. Ацы куыстмæ раттын хъæуы æппæт зонынадтæ, уырнын кæнынмæ æппæт арæхстдзинад, æппæт хъа- ру. Уый у съезды уынаффæтæ царды æнæмæнг сæххæст кæныны раз- æууæлтæй иу. Аивгъуыйгæ рæстæджы партион организацитæ бирæ тых хардз код- той фæллойгæнджыты патриотикон хъомылады хъуыддаджы æмæ уы- имæ дзыллæты интернационалистон æмбаргæдзинад сфидар кæныныл дæр. Ацы хъуыддаджы стыр роль сæххæст кодта ССР Цæдис саразыны фæндзай азы бæрæгбон, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы æртын азы бæрæгбон. Махæн не ’ппæтæн дæр, æмбæлттæ, нæ зæрдыл лæууы, нæ адæм ацы зынгæ юбилейты цахæм разæнгарддзинад æмæ зæрдæрухс æнкъа- рæнтимæ нысан кодтой, уый. Ацæугæ æрдæг æнусы фæллойадон уæлахиз- дзинæдты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр сгуыхтдзинæдты сы- рæзт æмæ сфидар æппæт клæсстæ æмæ социалон къордты, нæ бæстæйы 5
æппæт нацитæ æмæ адæмы хаттыты æнæхæлгæ иудзинад. Æмæ æппæт со- ветон адæмы ацы иудзинад, ацы æнгомдзинад, се стыр Райгуырæн бæс- тæйыл се ’нувыддзинад, адæмты интернационалистон æфсымæрдзинад систы уыцы юбилейты лейтмотив. Уый мидæг уыд се стыр политикон æмæ хъомыладон нысаниуæг. Партийы ахсджиагдæр хæстæй сæ иу уыд æмæ у фæллойгæнджы- ты, æппæты фыццаг та æрыгон фæлтæры зондахасты советон патриотизм æмæ социалистон интернационализмы, Советты бæстæ æмæ нæ Райгуы- рæн бæстæйы тыххæй сæрыстырдзинады идеятæ фидар кæнын, социа- лизмы уæлахиздзинæдтæ бахъахъхъæнынмæ цæттæдзинады идеятæ фи- дар кæнын. Львовы областы партион организаци æмæ Тбилисы горкомы куысты тБ1ххæй йæ уынаффæты Централон Комитет партион организациты хъусдард аздæхта интернационалон хъомылады цухдзинæдтæм. Абон махæн нæ бон райгондæй банысан кæнын у, уымæй раст хатдзæгтæ а*рæзт кæй æрцыд. Партион организацитæ фæллойгæнджыты патриотон абмæ интернационалон хъомылад скодтой инициативондæр æмæ уæрæх- дæр. Иуварсгонд цæуынц национализм æмæ шовинизмы хицæн фæзынд- тытæ, историон цаутæн аргъ кæнынмæ æнæ классон ахасты цауты факттæ, местничествойы фæзындтытæ, патриархалон фæзындтытæй æп- пæлынмæ бахъавдтытæ. Æппæт уыдæттæ бахъардтой фæллойгæнджы- тæм, хорзæрдæм бандæвтой нæ бæстæйы адæмты хæлардзинад æмæ æф- сймæрдзинад дарддæр сфидар кæныныл. Хъомыладон куыстыл дзургæйæ, æмбæлттæ, æнæрныхасгæнгæ нæй, ацы хъуыддаджы Советон Æфсад цы стыр роль æххæст кæны, ууыл. Æвзонг лæппутæ æфсадмæ æрбацæуыкц царды фæлтæрддзинад сæм нæма вæййы, афтæмæй. Фæлæ æфсадæй æрыздæхынц, фидардзинад æмæ дисциплинæйы скъола каст чи фæвæййы, техникон æмæ профессионалон зонынадтæ, политикон цæттæдзинад чи райсы, ахæм адæймæгтæй. Не ’фсад хъомылгонд у социалистон Райгуырæн бæстæйыл кæронмæ æнувыддзинады ахастыл, сабырад æмæ интернационализмы идеятыл, адæмты хæлардзинады идеятыл кæронмæ æнувыддзинады ахастыл. Ком- коммæдæр уымæй хицæн кæны Советон Æфсад буржуазон æфсадæй. Номхуындæй уый тыххæй уарзынц советон адæм се ’фсады æмæ дзы буц дæр уый тыххæй сты. Дзыллæты политикон хъомылады æнтыст æвдисæг, кæй зæгъын æй хъæуы, сты конкретон хъуыддæгтæ. Коммуиистон идейондзинад у зо- нынадтæ, уырнынадтæ æмæ практикон архайды иудзинад. Политикон æмæ фæллойадон хъомылад æнгом баиу кæныны бæл- вырд фæстиуæг у социалистон ерысы ныртæккæйы сырæзт. Æппæт бæстæ ралæууыд ахæм иттæг хорз хъæппæрисы фарс, куыд æмбæлгæ плантæ райсыны змæлд. Алыран дæр ралæууыдысты И. А. Ли- хачевы номыл Мæскуыйы автомобиларазæн заводы коллективы хъæп- пæрисы фарс кондады мидæг зонад æмæ техникæйы æнтыстытæ тагъд- дæр ныббиноныг кæнын æмæ хæрзгъæд продукцийы рауагъд фæфылдæр кæныны сæраппонд. Мæскуыйы завод «Динамо», Горький æмæ Минскы автомобиларазæн заводты коллективтæ равдыстой алы кусæджы хисæр- магонд сфæлдыстадон планты бындурыл куысты ахадындзинад сырæ- зын кæныны цæвиттон. Æмæ ноджы тынгдæр та коллективты чæрдæмæ фæцыдис фондз бо- ны хæслæвæрд цыппар бонмæ æххæст кæиыны еæрагшонд, ленинградаг кусджыты сидт! Алы ран дæр ралæууыдысты Геннади Смирнов, Влади- мир Мурзенко æмæ Михаил Чихы инициативæйы фарс иу лавæйæ сут- кæйы дæргъы æппын къаддæр иу мин тониæйы æвзалы скъахыны тыххæй. Николай Злобины аразджыты бригадæйы хозрасчетон подряды фæл- тæрддзинады фарс, зындгонд хъуымацуафджытæ Еленæ Амосова, Алев- тинæ Смирнова, Валентинæ Плетнева, Валентинæ Бобкова æмæ æндæр- .«
ты цæвиттонмæ гæсгæ куысты ахадындзинад сырæзын кæнын æмæ про- дукцийы гъæд фæхуыздæр кæныны сæраппонд змæлды фарс. Цымыдисон у уый, æмæ дæсæм фондзазоны фыццаг бонтæй фæстæ- мæ æппæтадæмон социалистон ерыс кæй райтынг ахæм лозунгимæ: «Фæ- бæрзонддæр кæнæм кондады эффективондзинад æмæ куыстыты гъæд экономикæ æмæ адæмы фæрныгад дарддæр рæзын кæныны сæраппонд!» Ахсджиаг у, æмбæлттæ, цæмæй иунæг хорз хъæппæрис дæр рохуаты, ма баззайа. Цалдæр азы размæ Горькийы куыстуæтты фæзынд сидт: «Нæ фарсмæ хъуамæ ма уа иунæг фæстæзад дæр!» Уый уыдис канд кон- дадон лозунг нæ, фæлæ ма хæрзæгъдауы нормæ дæр. Райдианы йæ фарс ралæууыдысты алыран дæр, фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ кæмдæрты æр- байрох. Афтæмæй та уый алыран дæр куы рапарахат уаид, уæд радтид æнæхъæн бæстæйæн ахсджиаг фæстиуджытæ. Мах не ’ппæт дæр цин кæнæм, социалистон ерысы ленинон идеятæ -ахæм арф уидæгтæ кæй ауагътой, ууыл. Мах буц стæм, ерысы авангар- ды коммунисттæ кæй сты, уымæй. Ерыс хорзæрдæм æндавы хæдзарадон практикæйыл, бæстæйы æхсæнадон-политикон цардыл, хæрзæгъдауы ат- мосферæйыл. Алыран дæр дарддæр райтынг кæнæм социалистон ерыс, куыстмæ коммунистон ахастыл змæлд, — ахæм у нæ иумиаг тохы лозунг. Коммунистон хъомылад домы адæмон рухсад æмæ профессионалон цæттæдзинады системæ иудадзыг хуыздæр кæнын. Уый уæлдай ахсджиаг у ныртæккæ, зонадон-техникон революцийы уавæрты. Уый куыстæн дæт- ты, раздæр цахæм уыд, ахæм нæ, фæлæ æндæр характер, йæ характер ивы адæймаджы куыстмæ цæттæ кæныны фарсты дæр. Мах бирæ ара- зæм ацы хъуыддаджы. Фæлæ цы сарæзтам æмæ цы аразæм, уыдæттæ кæронмæ не скъуыддзаг кæнынц ацы хъуыддаджы æппæт хæстæ. Сæрмагондæй дарддæр æнæмæнг фæхуыздæр кæнын хъæуы æппæт иумиагахуырадон системæ, фыццаг рады та астæуккаг скъолайы систе- мæ. Ныры уавæрты, адæймаджы чи хъæуы, уыцы зонынадты гуырахст цырд куы рæзы, уæд фаг нал у фактты бæрæг суммæ базонын. Ахсджиаг хъуыддаг у, цæмæй алы адæймаг дæр арæхса йæ зонынадтæ баххæст кæ- нынмæ, цы бирæ зонадон æмæ политикон информаци ис, уыдон æмба- рынмæ. Ам махæн ис бирæ бакусинаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у арæхстджын, ахъуыдыгонд куыст, райсæн нæй æнæахъуыдыгонд уынаф- фæтæн. Цы хъæуы ам? Æвæццæгæн, фæхуыздæр кæнын хъæуы ахуыр- гæнджыты цæттæдзинад, ахуыры методтæн сæхи дæр æркæнын хъæуы царды домæнтæм гæсгæ. Скъолаты сифтонг кæнын хъæуы нырыккон ахуыргæнæн фæрæзтæй, уыдонимæ цæстуынгæ фæрæзтæй дæр. Ам, съезды, зæгъын хъæуы, партион органтæ фæллойгæнджыты эко- номикон ахуыры хъуыддаджы цы мадзæлттæ сæххæст кодтой, уыдон тыххæй. Ахæм ахуырады уæрæх системæ арæзт æрцыд XXIV съезды уынаффæты бындурыл. Уыцы системæ абоны онг каст фёсты 42 миллион адæймагæй фылдæр. Ныртæккæ та дзы ахуыр кæны 36 миллион адæйма- джы. Дарддæр кæнын хъæуы ацы куыст. Экономикон ахуыр дарддæр рæзын кæнгæйæ, мах хъуамæ аудæм ууыл, цæмæй уый иууыл тынгдæр ахъаз кæна куысты организацийы раззагдæр фæлтæрддзинад алыран дæр па’рахат кæнынæн, кондады мидæг зонад æмæ техникæйы æнтысты- тæ биноныг кæнынæн. Æмбæлттæ! Гоймаджы царды активон позици æхсæнадон хæсмæ æмбаргæ ахасты хуызæн ницы рæсугъд кæны, дзырд æмæ хъуыддаджы иудзинад йæ уагахасты æрвылбонон нормæ куы свæййы, уый хуызæн æй кицы рæсугъд кæны. Ахæм позици бакусын у хæрзæгъдауыл хъомыла- ды хæс. Хъыгагæн, нырма фембæлæн ис ахæм адæймæгтыл, кæцытæ зонынц нæ политикæ аёмæ нæ принциптæ, фæлæ сæ практикæйы алыхатт нæ фех- хæст кæнынц, нæ тох кæнынц уыдон сæххæст кæныныл, фидыды цæс- тæй кæсынц социалистон æмдзæрæндоны нормæтæ халындзинæдтæм. 7
Дзырд æмæ хъуыддаджы хицæндзинад цахæмфæнды формæты уаед„ уæддæр зиан хæссы хæдзарадон арæзтадæн, уæлдайдæр та хæрзæгъда- уыл хъомыладæн. Махæн нæ къухы цъус нæ бафтыд советон адæмы материалон фæр- ныгад фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Мах дарддæр фæдфæдылон æгъдауæй скъуыддзаг кæндзыстæм ацы хæс, фæлæ æнæмæнг саразын хъæуы афтæ, цæмæй материалон фадæтты рæзт нудадзыг ахъаз кæна адæймæгты идейон-хæрзæгъдауы æмæ культуроц, æмвæзады рæзтæн. Кæннод мах райсдзыстæм мещанон, лыстæгбуржуазон психологийы ре- цидивтæ. Уый зæрдыл дарын хъæуы. Цас не ’хсæнад размæ цæуы йæ рæзынады, уыйбæрц æнæбыхсгæ- дæр кæнынц, хæрзæгъдауы социалистон нормæтæй ма цы иуварс алæу- дтытæ ис, уыдон. Хи ’рдæм ссивын, хисæрмагондисадон тенденцитæ, ху- лигандзинад, бюрократизм æмæ адæймагмæ æнæмæты ахаст сты нæ- цардæвæрды мидисы ныхмæ. Ахæм фæзыдтыты ныхмæ тохы æнæмæнг æххæстдæрæй спайда кæнын хъæуы фæллойадон коллективы хъуыдыйæ- дæр æмæ мыхуыры критикон дзырдæй дæр, уырнын кæныны методтæй дæр æмæ закъоны тыхæй дæр, нæ къухы цыдæриддæр фæрæзтæ ис, уы- донæй. Хыгъдон рæстæджы Централон Комитеты архайды стыр. бынат уыд массон информаци æмæ пропагандæйы фæрæзты идейон æмвæзад, координаци æмæ оперативон куысты фарстытæн. Уый фæстиуæгæн тынг- дæр сырæзтис се ’ндæвдад экономикæ, зонад æмж культурæйы рæзтыл^ æппæт æхсæнадон цардыл. Фæстаг азты сырæзтысты советон мыхуыры тиражтæ, фæфылдæр ног рауагъдадты нымæц. Арæзт æрцыд 400 ног газетæй фылдæр, 113 журналы. Газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны зонæнтæм гæсгæ махмæ алы хæдзары бинонтæм дæр хауы цыппар газет æмæ журналæй фыл- дæр. Уый бирæ у. Уыимæ иумæ зындгонд у, къорд газет æмæ журналæй ифтонг кæй нæ цæуынц цæрджыты рæзгæ домæнтæ. Ам æнæмæнг ахъуыды кæнын хъæуы гæххæтты рауагъд фæфылдæр кæныныл. Бæл- вырд кæнын нæ хъæуы, уый канд хæдзарадон фарст кæй нæу. Æнæ- мæнг фæцырддæр хъæуы газеттæ, журналтæ, радио æмæ телеуынынады материалон-техникон базæ сног кæныны хъуыддаг. -Партион организацитæ хъуамæ æрвылбон конкретон разамынд кæ- ной прессæйæн, архайой уымæн йæ идейон æмвæзад æмæ йæ ахадын- дзинад -сырæзын кæныныл. Хъыгагæн, нырма ис ахæм кусджытæ, кæцы- тæ нæ аргъ кæнынц прессæйы æхсæнадон нысаниуæгæн. Ис ахæмтæ дæр, кæцытæ райгондæй баззайынц, куы сæ феппæлынц, уæд, фæлæ нæ арæхсынц критикæмæ хъусынмæ, нæ дзы аразынц раст хатдзæгтæ. Пар- тион комитетты хъæуы уыдон бараст кæнын, хъуыддагон критикæйæ йæхи иуварс чи исы, куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы мыхуыры æвæрд ахсджиаг проблемæтæм, мыхуыр æрцæуæг фæллойгæнджыты фыстæ- джытæм. Æмбæлттæ! Æвæццæгæн, алкæй зæрдыл дæр лæууы, XXIV съезд. литературæ æмæ аивады фарстытæм серьезон хъусдард кæй аздæхта. Бæлвырд æмæ курдиатджынæй арæзт цы æрцыди, уыдонæн раст аргъ скæнгæйæ, съезд банысан кодта иуæй-иу цухдзинæдтæ, кæцытæн сæ- бон уыд æмæ иуæй-иу литератортæ æмæ аивады архайджыты акодтаик- кой, сфæлдыстадон перспективæ кæм нæй, ахæм фæндагыл. Абон махæн нæ бон зæгъын у, литературæ æмæ аивады фарстытæм XXIV съезды ахаст æххæстæй раст кæй разынд. Ацæугæ азтæн харак- терон уыд, сфæлдыстадон интеллигенцийы архайд дарддæр кæй фæак- тивондæр, уый. Ацы интеллигенци уæзгæдæр хайбавæрд хæссы комму- нистон æхсæнад саразыны иумиаг партион, иумиаг адæмон хъуыддаг- мæ. Ацы æвæрццаг, цæрдхъом процесс, кæй зæгъын æй хъæуы, фæзын- 8
дис, фæстаг азты нæ бæстæйы арæзт чи æрцыд, социалистон реализмы уыцы ног уацмысты. Уыдон мидæг арæхæй-арæхдæр æмæ сæйраджы та арфдæр æвдыст цæуы, бæстæ цæмæй цæры, советон адæймæгты сæрма- гонд хъысмæтты хай чи ссис, уыцы фарстытæ. Цæвиттонæн райсут, раз- дæр «хус кондадон темæ» кæй хуыдтой, уый. Ныртæккæ ацы темæйæн ис æцæг аивадон формæ. Литературон æмæ сценæйон хъайтартимæ иу- мæ мах уынæм æндонтайынгæнæг æмæ хъуымацуафæн фабрикæйы ди- ректоры, инженер кæнæ партион кусæджы æнтыстытæ. Æмæ, æгæрыс- тæмæй, ахæм хицæн цау, куыд аразджыты бригадæйæн преми раттыны фарстæн дæр ис уæрæх æхсæнадон нысаниуæг, ссис стыр дискусситы предмет. фæстаг азты раст, зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ цы ахсджиаг темæ. йыл фыст æрцыд, аивадон сфæлдыстады уыцы иннæ темæ та у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы сгуыхтдзинад. Романтæ, уацау- тæ, фильмтæ æмæ спектаклты хъайтартимæ иумæ хæсты хайадисджытæ цыма ногæй фæцæуынц фронты фæндæгтыл, ноджыдæр æмæ ноджыдæр сæ сæр къул кæнынц сæ удæгас æмæ фæмардуæвæг æмтохгæнджыты %сгуыхтдзинады раз. Æмæ æвзонг фæлтæр та аивады хъаруйы руаджы хайад исы йæ фыдæлты сгуыхтдзинады, æвзонг чызджытæн сабыр йзæр- тæ систы Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд æнæмæлæ- ты сахат, Ахæм у æцæг аивад: ивгъуыд дуг аразгæйæ^ уый хъомыл кæ- ны советон патриотты, интернационалистты. Банысан кæнын хъæуы ноджы, нæ литературæ æмæ аивад бирае тых кæуыл бахардз кодтой, иу ахæм темæ. Уый у моралы темæ, хæрз- æгъдауы агурæнты темæ. Ам дæр уыдис цухдзинæдтæ, фæлæ æнтысты- тæ фылдæр уыдысты. Нæ фысджытæ æмæ нывгæнджыты сгуыхтдзинад ис уый мидæг, æмæ уыдон тырнынц адæймаджы хуыздæр миниуджыты фарс ралæууынмæ — йæ принципиалондзинæд, намыс, арф æнкъарæн- ты ’фарс, уыимæ иумæ бындуриуæг кæнынц нæ коммунистон хæрзæгъ- дауы æнæфæтасгæ принциптыл. Нæ аивады дæсныты, фысджытæ æмæ поэтты уæлтæмæны суадон у ахæм ахсджиаг, хæрзиуæгон темæ, куыд сабырадыл, адæмты сæрибар- дзинадыл тох, ацы тохы фæллойгæнджыты интернационалон æмзæрдæ- дзинад. Аивадон интеллигенцийы рæнхъыты сырæзтис кæрæдзийы сфæлды- стадмæ домындзинад, раст аргъ чындæуыд уацмыстæн. Критикæ цæ- уынц уæлæнгай, æнæкурдиат, идеон æгъдауæй сахъатджын уацмыстæ- æмæ кинофильмтæ. Уый мидæг ис сфæлдыстадон цæдисты, сæ партион организациты зынгæ сгуыхтдзинад. Æрмæстдæр арфæ кæнын хъæуы нæ театртæ, литературон, аивадон журналтæ заводтæ æмæ колхозты, ахæм арæзтадтæ, куыд БАМ æмæ КамАз-ыл кæй æмцег кæнынц, уый. Фæлтæрд дæснытæ разамынд кæ- нынц хæдархайгæ коллективтæн, литературон баиугæндтæн, адæмон те- атртæн. Цæуы аивад царды зонынадæй хъæздыг кæныны ахсджиаг про- цесс, иннæрдыгæй фарс та фæллойгæнджыты бирæмиллионон дзыллæ- тæ зонгæ кæнынц культурæйы хæзнатимæ. Литературæ æмæ аивады фарстытæм партион ахаст æмиу цæуы аивадон интеллигенцимæ аудгæ ахастимæ, йе сфæлдыстадон агурæнты йын кæны принципиалон æххуыс. Кæй зæгъын æй хъæуы, цахæмфæнды уацмысы æхсæнадон нысаниуæгæн сæйраг критери уыд æмæ у йæ идейон фæдыздæхт. Ахæм ленинон ахаст æвдисынц ЦК, партио’н орган- тæ, уыдон стыр куыст кæнынц идеологион архайды ацы къабазы. Фæ- лæ ма уæддæр нæй-нæй æмæ рауайы афтæ, æмæ хицæн кусджытæ куы равдисынц хуымæтæг ахаст, куы фæархайынц, аивадон сфæлдыстадмæ, формæтæ æмæ индивидуалон стилты алыгъуызондзинадмæ чи хауы, уыцы фарстытæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы административон ме- &
тодтæй пайда кæнынмæ.' Æмæ уæд парти нæ ацæуы цауты иувæрсты, «барасткæны уавæр. Советон фысджытæ, нывгæнджытæ, композитортæ, театры, кино. •æмæ телеуынынады кусджытæ — сæ курдиат æмæ сæ профессионалон арæхстдзинадæй адæмæн, коммунизмы хъуыддагæн кæмæй лæггад кæ- нынц, уыдонæй сты стыр арфæйы аккаг. Мах бузныг стæм, цардмæ ныфсджынæй сфæлдыстадон интеллигенцийы æвзонг фæлтæр кæй цæ- уы, уымæй. Æцæг курдиат стæм хатт вæййы. Литературæ æмæ аива- ды курдиатджын уацмыс у националон хæзна. Мах хорз зонæм, аива- дон дзырд, ахорæнтæ, дуры рæсугъддзинад, зæлты гармони не ’мдугоц- ты кæй разæнгард кæнынц æмæ фæстагæттæн та нæ фæлтæры тыххæй кæй фехъусын кæндзысты нæ рæстæджы тыххæй, не стыр сгуыхтдзи- нæдты тыххæй. Уæдæ культурæйы архайджытæ — партионтæ æмæ æнæпартионтæн зæгъæм ахæм фæндиаг, цæмæй сын бантыса, нæ исто- рийæн, нæ абон æмæ нæ сомбонæн, нæ парти æмæ нæ адæмæн, не стыр Райгуырæн бæстæйæн аккаг чи сты, ахæм ног уацмыстæ сфæлди- ^сын.
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ тьшыгъ РАДЗЫРД ф Æрыгон дохтыр Плиты Хъазбег арф комы баздæхæнæй бахызт. Тындзы размæ, даргъ санчъехтæ кæны. Дзоныгъы иукъахвæдыл баф- тыд, фæлæ уый дæр куыдфæстагмæ бæмбæджы хуызæн митæй айдзаг вæййы. Уæвгæ, бæлццон ныхсгæ нæ кæны. Йæ фæстæ аззайы йæ фæ- салгуыбын æрчъиты хызвæд. Рæстæгæй-рæстæгмæ чысыл уæргъулæфт акæны, йæ хъуынджын уæлдзарм худыл уæлдæр фæхæцы, йæ фæтæн ных урс къухмæрзæнæй адауы æмæ йæ сау цæстытæ хæрдмæ сзилы. Сæ даргъ хаутыл пирæнгомыйас тъыфылтæ ацауындзæг вæййынц. Цалынмæ сæ иутæ атайынц, уæдмæ та сæ иннæтæ æрыййафынц. Стæм хатт райхъуысы бæлæсты къæс-къæс. Дохтыр йæ мид~зæрдæйы сагъæс ’кæны: «Фæстагмæ тымыгъ куынæ растид, уæд бæргæ лæгæрдин. Мæ къæхтæ хъарм, мæ уæлæдарæс дæр — афт滄. Цæуы дарддæр. Иæ цъуй лæдзæг йæ даргъ санчъехы æмбæрц миты фæсадзы. Йæ дзуарджын кæттаг хызыныл фæстæрдæм ахæцы йæ галиу къухæй. Хъазбег а-комбæсты кусы’ ныр афæдзæй фылдæр. Ацы хызын у æдзухдæр йе ’мбæлццон. Арæх ын дзы рынчыны хицæуттæ йе ’вастæй фæндаггæгтæ дæр авæрынц. Сæ уд дæр ын нæ бацауæрдиккой, афтæ æнувыд ыл сты. Йæхæдæг дæр сыл тынг зæрдæйæ у. Хъæрзгæйы номыл æм кæдфæнды фæдзурæнт, хъызт уа, æви фыртæвд, бон уа, æви æх- сæв,— никуы фæфæстиат вæййы.^Æрдæбон дæр, рынчын фёныны фæс- тæ, Уæллагхъæуæй æрхæццæ. Сæ кæртмæ куыддæр бахызт, афтæ йын йæ мад загъта: — Дæ нывонд фæон, абон дæм Ламардонæй фæдисы цыд æркод- та иу лæппу. Созыры æмкъай Сона, дам, тынг тыхст у. Хъазбег фестъæлфыд: — Сона зæгъыс? — О, кæддæр иумæ куы ахуыр кодтат, — дзуапп радта мад. — Ау, æмæ йæм цы рауад? Иæ низыхатт цы у? — Æнхъæл дæн, йæхи бар нæ уыдис æмæ... Хъазбег сагъæсты аныгъуылд. Цы бакæна? Колхозы бæхыл бæргæ ацæуид, фæлæ ацы астæумæ миты Ламардоны цæгаты не сфæраздзæн. Фистæгæй? Уæд та йыл талынг бауыдзæн. Райсом боны цъæхтыл?.. Æмæ йыл миййаг уæдмæ исты?..» 1 Ацы (>адзырдæн 1975 азы литературон конкурсы лæвæрд æрцыд преми. 11
Уыимæ <йæ сагъæс канд тагъддæр ацæуыныл дæр нæ уыд. Уæд та арæг усæн исты уæззау,^ вазыгджын мадзал аразын хъæуы, уæд цы хъуамæ кæна æрыгон дохтыр? Гинеколог миййаг куынæ у! Уымæй дæр хъæууон уавæрты... Фæлæ цы гæнæн ис?! Иæ хистæртæ йын раст загътой, ардæм, хохье цъасмæ йæ куы æрвывстой, уæд, зæгъгæ, уым ды хъуамæ уай терапевт дæр, хирург дæр, гинеколог дæр, иудзырдæй, алцы дæр, алцы... Айтæ-уйтæ нал, фæлæ Хъазбегсæ фаллаг уаты омидæг. Иæцырыхъ- хъытæ раппæрста. Зæнгæйттæ æмæ æрчъитæ скодта. Раивта йæ худ* /дæр. Ие ’мбæлццон хызыны ма цыдæр хостæ æмæ мигæнæнтæ авæрдта æмæ рараст. — Мæ арт бауазал, кæдæм? Ныртæккæ саудалынг куы бауыдзæн. Ардыгæй^ Ламардонмæ æнæхъæн бонцау куы у, — йæ мад тарстхуызæй йæ разы æрлæууыд: — Ма тыхс, Нана! Дæлæ колхозы бæх ракурдзынæн. Науæд та лæппутæй искæй мемæ акæндзынæн. Ам куы схъомыл дæн, уæд цæ зымæгон фазндæгтæ нæ зонын?! Ус ницыуал зæгъын сарæхст. Иæ мидбынат лæугæйæ аззади. Йæ фырты фæстæ æрттæдæлармæй каст, стæй дыгъуырццæг зæрдæйы- уаджимæ сæ хæдзармæ баздæхти. Цы кæ,на, бецау? Иæ доны къусæй дæр йæ иунæг лæппуйæн фæкувы. Иæ сæрыхицау хæстмæ куы цыд, уæд чысыл Гадзейыл сыххæст æрмæст афæдз. Лæг йе ’мкъайæн фæдзæхста: «Хæст хъулæй хъазт нæу. Миййаг исты... уæд-иу нæ саби де уа- зæг»... Уæдæй фæстæмæ æрыгон идæдз йæ сидзæры фæхаста йæ комы комдзæгтæй. Ныр ын слæг, фæлæ йын уæддæр авгау æрхауынæй таер- сы. Йæ цуры куынæ вæййы, уæд ыл йæ хæдзары къултæ æрбакъуындæг вæййынц. Хъазбег йæ мады рыст зæрдæйыуаг хорз æмбары. «Иæ бирæ фыдæ- бæттæ, йæ сусæг цæссыгтæ. Хæсты азты канд сылгоймаджы митæ нæ,: фæлæ н’æлгоймаджы уæззау куыстытæ дæр. Ныр рахъомыл дæн, уæд- дæр мæ мæтæй зыр-зыр кæны. Мæ цæст æрттивгæйæ ма, дам, дæ амонд. куы фенин. Гъей,"Нана, Нана! Цымæ дæ лæггæдтæн исты хуызы ба- фидæн ис?!» — фæхъуыды кæны лæппу йæ мид-зæрдæйы. О, фæлæ ныртæккæ йæ балцы тыххæй йæ мадæн цы ныфсæвæрæн ны- хæстæ загъта, уыдон йæхимæ дæр нæ хъуыстысты. Уымæн æмæ йæ са- гъæстæ иууылдæр, рæубазыр зæрватыччытау, зылдысты Сонайы алварс: «Цы фæци афонмæ? Миййаг исты...уæдæнусмæ йæ уындæй дæр æнæхай фæуыдзынæн»... Афтæмæй та дзы йæхи фæхизы. Цалдæр хатты Ламар- доны рынчынфæрсæг дæр уыд æмæ-иу уæйтагъд цæуынмæ фæцис, цæ- мæй йыл макуы фембæла, ма та бацагайа, ныр дæр ма, нуæрст зынгау, тæмæн чи сты, уыцы æнкъарæнтæ... Авд азы размæ Сонаимæ каст фесты астæуккаг скъола. Талм бæ- ласы хуызæн, цæхдзаст, æфсæрмдзæстыг чызг суанг стæм къласæй фæстæмæ æрцард лæппуйы тæлтæг зæрдæйы. Арæх-иу сæумæрайсом йæ цай æрдæгцымдæй фæуагъта, кæд та уыцы дыууæ рæсуг цъæхцад царсты .тагъддæр аленк кæнид. Иæ цыбыр мыдгъуыз дзыккуты сагъд урс ^сдзрвасæн та йæм мидбылты фæлмæн бахудид йæ дзæнхъаурс къæбуты сæрмæ. Чызг йæхæдæг тæппуд сæгуытæй уæлдай нæ уыд, фæлæ-иу уæд- дæр арæх ацахста лæппуйы сау цæстыты ферттывд. Фæринк кардау-иу ын адзæнгæл кодтой йæ зынг бæллицты знæт таг... Кæмдæрид йæ разæй цыдис саджы фисынтыламад гуырвидыц лæппуйы сурæт, йæ бæзджын æрфгуыты бæрзонд зылд. Хъ§;збегæн ныртæккæ йæ зæрдыл æрлæууыд се скъола фæуьшы фæстаг?йзæрд>1 хъазт. Сонайыл куыд рæсугъд фидыдта йæ ног цъæх къа- ба! Хонгæ’ кафт кæнгæйæ, кæрæдзи ныхмæ куы æрбаленк кæнынц, уæд чызджы уæздан ^идбылхудт, уалдзыгон гæлæбуйау, лæппуйы сау тæн- хъуын рихийыл аныхæсы. Иæ фæтæн ныхы бын йæ даргъ æрфгуыта& 12
фæйнæрдæм фæцæйтæхынц. Фæсивæд се ’муд кафтмæ æркастысты. Фæндыры зæлты алы фæзилæнимæ милæнгом бады сæ алы уæнджы фезмæлд. Хъазт райхæлд æмбисæхсæвтæм æввахс. Алчи йæ уынджырдæм здæхы. Хъазбег чызджы фарсмæ фæраст: — Сона, ды æгæр уæлиау цæрыс. Цæй, æз дæ схизын кæнон. КæД?.. — Цы кæд? Æви зивæг кæныс? — йæ цæсты зулæй йæ асыгъта чызг. — Æмæ гъа? — фæлмæн фæхудт лæппу. Истугмæ сæ фæндаг æнæдзургæйæ дарынц. Боны хуызæн мæйрухсы сæ аууæттæ чысыл зулаивæй се ’мдзу кæнынц. — Сона, дарддæр дæм цы фæнд ис? Ахуырмæ æви чындзы цæуын? ’— афарста йæ лæппу. Чызг йæ мидбынаты фæлæууыд. Хингаст æм бакодта: — Æмæ дæумæ та?.. • — Мæнмæ, мæнмæ, гмм... — фергъуыйау. — Гъе, æмæ, уæдæ, фæстæдæр, уæлдæр скъоламæ экзаменты рæстæджы, фæбæрæг уыдзæн. Ныр та уал — хæрзæхсæв! Бузныг, мæн тыххæй фæцыдтæ, — загъта чызг æмæ йæм йæ чысыл хъарм къух æр- ■байвæзта. Лæппу йæ райста. Раст цыма йæ тыхджын армы, ныппæр- рæст кæнынæй тас кæмæн у, ахæм маргъы æрцахста, уыйау æй, нæ бал- хъивын уæнды, нæ йæ йе суадзын фæнды. Æрæджиау цъæхахуырст кул- дуармæ бакаст æмæ афтæ: — Дæ хорзæхæй, куыд тагъд схæццæ стæм?.. — Æвæццæгæн, нæ хæдзар мæ размæ дæлдæр æрцыд, — æцæггъуы- зæй загъта Сона. — Ома Хетæг хъæдмæ нæ, фæлæ хъæд Хетæгмæ, —бахудт Хъазбег жмæ йын йæ къух чысыл æрбалхъывта. — Сона! — æвиппайды балкъонæй æрыхъуыст сылгоймаджы хъæ- лæс. — Æ, сау бон мыл, гыцци, — зæгьгæ, фæкодта чызг æмæ йæ къух раскъæфта: — Хæрзæхсæв ардыгæй райсоммæ, — стæй фæцæуæг. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ сæ фæндæгтæ фæхицæн сты. Сæ ахуыры фæдыл алырдæм фæцыдысты. Цалдæр азы фæстæ Сона каст фæци пед- институт æмæ йæ ахуыргæнæгæй æрбарвыстой Ламардонмæ. Уым смой кодта фосы дохтыр Битарты Созырæй. Хъазбег ахаудта Уæрæсемæ. Ме- динститут фæуыны фæстæ æрбафтыд сæхи комбæстæм. Уымæн æмæ йæ уыдон сæхæдæг æркуырдтой. Ахуыр кæнгæйæ ма-иу сæрды улæфты рæ- стæджы дыууæ æрыгон студенты фембæлдысты, фæлæ сæ фидæны цар- ды фæдыл бæрæг-бæлвырдницы алыг кодтой. Æнхъæлмæ кастысты сæ ахуыр фæуынмæ. Сæ уарзты арт нæ нымæг кодта. Æнæуи дæр, зæгъгæ, Хъазбег къæйныхæй искæуыл йæ хъуыды ныббæтта, йæ фæнд атæра, уый йæ гаччы нæ уыд. Цыдæр тæнзæрдæ, тæригъæдгæнаг ахаст уыд йе ’мбæлццон йæ сабийы бонтæй нырмæ. Иухатт сæ куыдз сæ сыхæгты къæбылайы йæ быны аууæрста. Гадзе скуыдта, афтæмæ^ йæм йæхи баппæрста. Куыдзæн йæ бæрзæйыл рахæпыд йæ чысыл къухæй. Уый йæм фæкъæпп ласта æмæ абон дæр йæ цонджы хъул нуæсæй баззад. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр-иу йе ’мбæлттæй искæмæн фыссæн фæй- нæгыл йæ рард нæ цæуы, зæгъгæ, уæд-иу Гадзе стыхст, рафт-бафт-иу кодта партæйыл. Гъе, æмæ ныр, мæнæ зымæгон тар æхсæвы тындзы Сонамæ. Канд уый тыххæй нæ, æмæ ма йын абон дæр йæ зæрдæйы рухс бынат ис, фæ- -лæ йын кæны тæригъæд. Миййаг ыл зæфцы фыдæй исты куы æрцæуа, уæд цæрæнбонтæм йæ азым, йæ фæсмон йæ фæдыл зилдзысты. Æниу ыл а-уал азы цал рæсугъд бæлоны асæрфтой сæ мидбылхудты уæздан базыртæ, фæлæ дзы йæ рагуарзты бынат ничима æрцахста æмæ къуы- быррихи сау лæппу абон дæр усгурæй баззад. 13
Хъазбег цæуы дарддæр. Рæхснæг назбæлæстæ, урсдарæсджын чындздзон чызджытау, æдзынæг, æфсæрмдзæстæй лæууынд. Сæ къабæз- тæ митуæзæй æрзæбул сты æмæ, хъазтылæууæг чызджы къабайы дыс- тау, зынынц. Фæндаджы уæлвæндаг чысыл назы тала митуæзæй бынтою ныггуыбыр. Хъазбег æм слæгæрста æмæ йæ ныууыгъта. Уый, мæ- гуыр, æмраст алæууыд æмæ йæ цъæх цæстытæй æдзынæг каст йæ хæрз- гæнæгмæ. Уæлдæфы цы æнæнымæц урс бындзытæ зилахар кодтой, уыдош къаддæрæй-къаддæр райдыдтой, фæстагмæ дзы иу дæр нал баззад. Бæлццон дзоныгъвæдæй бахызт. Сыздæхт хъæумæ цæуæг иукъахвæн- дагыл. Ам хъæд нал ис æмæ тымыгъ сæрибарæй рыгмит йæ комы хæс- сы, къуыззитт кæны. Лæппуйы цæсгоммæ фæлæбуры, йæ фындзыхуын- чъытæ йын ахгæны. Уый, йæ сæр зул даргæйæ, уæддæр размæ лæгæрды æмæ лæгæрды. Фæлæ уæртæ уый цы у? Кæрдгæ къæдзæхы сæр дыууæ сырх зын- джы æдзынæг æрттивынц. Хъазбеджы сæрыхъуынтæ базмæлæгау кодтой. Иæ лæдзæг йæ армы тынгдæр æрбалвæста, йæ хызыныл та фæс- тæмæ фæхæцыд. Иæ цæстæнгас нæ исы уыцы зынджытæй. «Ау, кæд, сырд у, уæд æппын ныкъулгæ дæр нæ кæны?» — куыд загъта, афтæ, æцæгдæр, иу уысмы бæрц фæталынг сты. «Кæд мæ цæстьпыл исты- ауад, æндæра»... — ахъуыды кодта. Ногæй, цæугæ-цæуын, нымдзаст уыцы бынатмæ. Ацы æххæлтæ, æм- уырдыг къæдзæхыл сæрдæй, зымæгæй лæдæрсынц цыхцырджытæ. Ныр< даргъ; æвзист лæдзгуытау, æрзæбултæ сты. Сæ астæу, зæронд лæджы урс зачъейау, æривæзт чысыл æхсæрдзæны ихбоцъо. Гъе, фæлæ ацы цымыдисаг зымæгон ныв Хъазбеджы ничердыгæй- æндавы: уæртæ та уыцы зынджытæ ферттывтой. Уымæй дæр цыма фæн- дагмæ феввахсдæр сты. Стæм хатт æм афтæ дæр фæзыны, цыма куы хæстæгдæр фæвæййынц, куы дарддæр, куы — егъаудæр, куы — къад- дæр... Тымыгъ ногæй сыстад. ’Лæппуйы хъуыды рæстæгæй-рæстæгмæ* Сонайы уæлхъус февзæры. Хъусы йын йæ уæззау хъæрзын, йæ утæхсæн. Куыддæр къæдзæхы сæрмæ бахæццæ, афтæ йæм тæккæ уæлвæнда- гæй цыдæр йæхи рахста. Иæ сурæт ма йын дæргъæй-дæргъмæ миты рухсмæ гæзæмæ ауыдта. Сырды дыууæ хъусы куыд ацахста, уый зонгæ- дæр нæ бакодта. Кæд цыбыр уыдысты, уæддæр сыл йе ’нгуылдзтæ азæ- гæл сты. Иæ тыхджын, даргъ цæнгты бæрц æй йæхицæй æддæдæр ас- сыдта. УЬш лæууы йæ фæстаг къæхтыл сырхцæст æмæ зыхъхъырдзыхæй.. Хъусы йын йæ мæсты хъырнын. Иæ цыргъ бырынкъ ис лæппуйы цæс- гомы акомкоммæ. Электроны уадау бæлццоны сæрымагъзы иу фæнд иннæйы фæдыл тæхы. Феуæгъд æй кæнид æмæ йын йæ хурхысæртæ ацахсид, фæлæ йæм сырд йæхæдæг куы фæраздæр уа. Æвиппайды, сæрсæфæн къæдзæхы- сæр кæй тох кæнынц, уый йæ зонд ацахста. Сырды былырдæм ссонын райдыдта. Хъуыргъуындæггæнгæ ахæццæ сты кæронмæ, стæй йæ уыцы иу риуыгъд акодта йæ тых, йæ бонæй æмæ йæ кой дæр нал фæзынд. Æрмæст ма йæ хъустыл ауад къæдзæхыл зæбул ихлæдзгуыты дзыгъал- мыгъул. Хъазбегæн иæ хид йæ къæхты бынæй акалд. Иæ зæрдæ гуыпп- гуыпп кæны. Цалдæр хатты мит, къæлуайау, æрбахынцъытæ кодта. Арф ныуулæфыд æмæ фæндаджы был хъæпæныл æрбадт. Иæ уымæл ных асæрфта. Раст æм фыны фенæгау фæкаст йе ’вирхъау тох. «Æвæц- цæгæн, афтæ сæххормаг, мæгуыр, æмæ дзы тас дæр æрбайрох!.. Уымæн мыл йæхи ныздыхта. Нæ, фæлæ мæ разы барæй бадт, æви?.. Кьæдзæхьь бынмæ дзы, бецау, ницыуал ныххæццæ уыдаид. Цы кæна, ацы фыд- хъызт, фыдихы стонгæй кæдмæ хъуамæ фæрæзтаид?» — Ахæм сагъæстæ- кодта йæ мид-зæрдæйы. 14
Иæ фынæйæ фехъалау, фестад. Иæ лæдзæг ацагуырдта. Ссардта йæ се ссæндæн бынаты. Дарддæр та араст. Иæ сæнттæ йæ разæй тæ- хынц Битарты хæдзармæ. Фæд нал зыны, æрмæст ма дымгæныдзæвæн- ^гы бæрæг дары. Мйт бæргæ нал уары, фæлæ тымыгъ скарздæр. Иæ дæр^ъваетин къуыззитт хъусты иннæрдæм хизы. Бæлццон йæ худыл арфдæр æрхæцыд. Иæ палтойы æфцæггот сфæл- дæхта. Хæрдвæндагыл ын цырд цæуын нал æнтысы, фæлæ хъавы даргъ- дазр къахдзæфтæ кæнынмæ. Митфæлдзæгъдæн ын йæ улæфæнтæ куы ахгæны, уæд уый йæ цæсгом иннæрдæм азилыгйæхи зулмæ дары, афтæ- мæй цæуы. Чысыл фæстæдæр йæ хъустыл ауад куыдзы рæйын. Йæ зæрдæ фæ- * фидардæр, æхсызгон сулæфыд. Мæйрухсмæ йæм хъæуы кæройнаг хæ- дзæрттæ разындысты. Рынчыны сурæт та йæ разы февзæрд. «Афонмæ* йыл кæд, миййаг, исты æрцыд, уæд мæ йæ тæригъæд»... — сагъæсты ныгъуылы. ...Рынчын йæ сынтæджы рафт-бафт кæны, уæрдæхау здыхсы. Иæ- рæсугъд цæсгомыл хиды тæвд æртæхтæ æрттивынц. Хаттæй-хатт йæ сонт цъæхахст райхъуысы. Иæ донæйдзаг цæстытæ дуарырдæм разилы: — Дохтыр нæма зыны?.. Æй, тæхуды, гъе.... Азымы дары йе ’мкъай Созыры дæр. «Куыд бирæ баззад Хъызлары? Тагъд æрæздæхинаг куы уыд... О, уаих фæуа»... — æмæ та æваст ныцъæхахст кæны. Уыцы рæстæджы Сонайы хицау зæронд Тембол æрттæдæлармæй сæ- балкъоны дыууæрдæм рацу-бацу кæны. Иæ чындзы зæдтæ æмæ дау- джытæн фæдзæхсы. Дохтыр æрбацæуыны ныфс æй нал ис æнæ райсом,. фæлæ ма йын уæдмæ фервæздзæн? Рæстæгæй-рæстæгмæ сæ фаллаг уа- тæй йе ’рдиаг куы райхъуысы, уæд йæ зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц.. Фыртыхстæй йæ урсхæццæ цуркбоцъо æртонæгау кæны. Æрбайхъуыст куыйты рæйын. Лæг уынгмæ йæхи раппæрста: — Астæмæ, астæмæ, бирæгътæ уæ бахæрой! — Дохтыры куы ауыд- та, уæд йæ цæссыг асхъаудта: — О, дæ рынтæ куыд ахордтон! Хæдзархæлд куы кæнын, хæдзар- хæлд... Балкъонмæ бахызтысты. Тембол уисой раскъæфта, хъуамæ уазæ. джы миттæ æрцæгъда, фæлæ йын æй уый уæ къухæй райста: — Уанцон нæу, мæ фыды хай! — йæхи, æрсæрфта, йæ худ дæр сис- та æмæ йæ ацагъта, стæй фæрсы: — Рынчын кæм ис? — Уæртæ уым, мæ хъæбул, — йæ къухæй йын ацамыдта фаллаг уатмæ. Дохтыр дуар бахоста, стæй бахызт. Уе ’хсæв хорз, зæгъгæ, фæкод- та. Æвгъæды усы цур цы дыууæ сылгоймаджы бадти, уыдон .фестадыс- гы. Хъазбег1 йæ хызын йе ’фцæгæй æриста, йæ палто раласта. Усты- тæй иумæ фæкаст: — Дæ хорзæхæй, хъарм дон æмæ мын тас æрбайс, — йæхæдæг Со- найы цæсгоммæ æдзынæг ныккаст. Уымæн йæ ^цæссыгтæ тынгдæр фе- мæхстьгсты. Тагъд-тагъд сулæфыд, цыма йын уæлдæф нал фаг кодта5. стæй æвиппайды ныцъцъæхахст кодта: — Мæлын! — Ма тæрс. Ныртæккæ æппæт дæр... — загъта лæппу æмæ рынчьь ны къухмæ нывнæлдта. Уый уыдис тæвд æмæ уымæл. Æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд, авд азы размæ йын ыл, алæмæты маргъау, сæ кулдуары раз куыд хæцыд, уыцы æхсæв. Сгары йый йæ тугдадзины цæф æмæ йæм фарстытæ дæтты. Сона куы йæхæдæг радты дзуапп, куы та, йæ цуры цы устытæ ис, уыдонæй исчи. Æваст та райхъуыст сылгоймаджы дæргъвæтин хъæр: — Мæлын! Тембол уаты дуары раз нындзыг. Иæ лыстæг, даргъ æнгуылдзтæ \&
йæ боцъойыл ныззæгæл сты; стæй йæ сæрмæ йæ дыууæ къухæй фæлæ- бурдта: — Мæ хæдзар та хæлы... Æ, Мадымайрæм, мах де уазæг... Ныссабыр æппæт дæр. Иунæг уынæр’ нал хъуысы. Темболæн йæхи Æмкъай дæр афтæ, аргæ-арын бабын. Ныууагъта ма йын йæ иунæг хъæбул Созыры æмæ йæ тæрсгæ-ризгæйæ фæхъомыл кодта. Иæхи- цæн æм бинонты кой бакæныны фæнд никуыуал æрæфтыд. Иæ уарзæ- гой æмкъайы фæлгонц æдзух йæ цæстыты разæй нæ ахицæн. Гъе, æмæ та ныр йæ чындз дæр ахæм уавæры куы бахауд, уæд тарст лæг йæхицæн бынат нал ары. Кæд æй зæдтæ уыйбæрц никуы уыр- ныдтой, уæддæр сын ныр йæ фыртыхстæй лæхстæ кæны. * * * Цасдæр рæстæджы фæстæ Хъазбег уаты дуарæй рахызт фæллад, фæлмæцыдæй. Иæ хид сæрфы, йæ палто — йе уæхсчытыл. Тембол йæ разы февзæрд: — Дæ рынтæ ахæрон, сæфæм?! Дохтыр æм æдзынæг бакаст: — Дæ хæрзæггурæггаг мæн! Раст фыры хъулы хуызæн цæрæццаг лæппу. Зæронд ыл йæхи баппæрста: — Æй, мæ сæр дæ фæхъхъау куыд фæци, ацы тымыгъ æхсæвы нын ахæм хур бон чи скодта! — Гъе, æмæ, уæдæ, мæ фыды хай, уæ ног гуырды ном дæр Тымыгъ фæуæд, —- сдзырдта Хъазбег. — Тымыгъ! Битарты Тымыгъ’! — загъта зæронд лæг æмæ йæ цины цæссыг асæрфта. Æваст азæлыд уасæджы базырты тъæпп-тъæпп. Стæй йæ хъæлæсы- дзаг уаст. Дымгæ раджы банцад. Арв раирд. Иугай стъалытæ ма фæ- лурс æрттывд кæнынц. Æппæт ныссабыр, ныхъхъус. Фæлæ æвиппайды райхъуыст Тымыгъы бæзджыц хъæлæс: — Уа, уа, уа! Дыууæ лæджы уаты къæсæрмæ мидбылхудгæ бакастысты, стæй хæ- дзармæ бахызтысты.
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН ÆМДЗÆВГÆТÆ Райсом Переделкинойы Фæлмæн, хæлар цæсты æнгасæй Мæ зæрдæ, царвы къæрттау, тайы. Мæ алыварс — дзæнæт æгасæй, — Мæн, дысонау, мæ фын нæ сайы. О, бузныг, уадындздзæгъдæг цъиутæ, Уæ къуырттæй барухс уæд уæ зæрдæ! Хъæрццыгъайы цыргъ ныхты цъистæй Сымах куыд нæ фенон ысхъæрзгæ! Уæ кæлæнмыр цъыбар-цъыбур мæ -Æмбойны ратыдта фыдфынтæй. Цыма та ссыгъд уæззау хæст... Хурæн Ныхъхъуырдта сау фæздæг йæ тынтæ... Нырхæндæги нæ зæхх, мæрдадзау, — Йæ марджы’ пырх ныккалдта атом. ’ Фæлæ ма хъарæг чи ысуадза? — Æвирхъау артæй дур дæр бадон... Ныр æрдзмæ рахызтæн сæудары, — .Мæ зæрдæ хуры цæстæй рухсдæр. Ныббырыд хъал зызын мæ тары, Цæргæсы базыртау — мæ систæ. Иæ хъуырæй кæрдæг ризгæ ’фтауы Æвæджиаг фæрдыг-дзæнхъатæ: — Дæ чызгæн — хъазæнтæ! Уæдта сæ ’ Нывæр дæ зарæджы рæнхъыты... Цыма мæ рагзонгæ мыл фембæлд, — Мæ дысæй ацахсы мæ къалиу. Сыфтæр-æвзагæй дзуры мемæ, — Кæрон йæ сусæг цинæн нал и. Сыгъзæринкоцора лæппутау Мæ размæ дидинджытæ згъорынц. Мæ уд нылгъæд сæ мидбылхудтæй... Æрцардта мæ рæсугъд, сæууон æрдз. Æхсыры фонтанау сæх-сæхæй Рæмудзынц урс бæрзытæ — ’нусон. Æвæджиау уырыссаг зæххæй Дзыццайы риуты зарæг хъусын... 1974 - 2 *Фидиуæг» № 3. 17
^ * * Ме ’нæрцæф уд тулдзы цъæхы 'рцардг Тулдзы цъæхау фидар дæн, мæстæг. Тулдзы цъар мæ уæлæ конд, кæрцау, Тулдзы ’мсæр, фыд-зынтæ быхсгæ, сдæн! Тулдзау мыл тымыгъ-зæйтæ цæуæнт, Тулдзау мæ ныццæвæд рындзыл арв, Иу æрмæст мæ уидæгтæ дæр уæнт Тулдзау ацы фидар зæххы арф!.. 1975- * * * Иæ уд, йæ кæрдзын ’мæ йæ цæххæй Иры лæппуты кодта ’мтыгуыр. Æнхъæлыс, базæронд и? Зæххæй Лæгдзинад исынæй ныггуыбыр. * * * Зæхх цæрддзугæнгæ Хуры алыварс зилы Иæ райгуырдæй нырмæ. Хур — урсдадали мад. Зæхх — йæ саулагъз хъæбул — Йæ гыццийæ фæиртæст Тъымы-тъыматы размæ Æмæ йæ агурынæй Дæлфадихсыд’баци, рафтыд. Ахх, куыд дурзæрдæ мад у! Нæ йæм гæдзæ кæны Иу цæстыныкъуылдмæ. О, куыд уарзæгой мад у, Куыд æнувыд! Афтæ дардæй дæр ын Йæ къухыл хæцы, Кæны йæ, рæвдаугæ, Худгæ æмæ тавгæ, Гурæй-гурмæ йæ фæдыл. 1975 Сæрныллæг Я рад и тому, Что веселая продавщица Сегодня & стихи мои Мне завернула селедку. М. Танк. Æтт, уæвгæй дæр, Куыд сæрныллæг дæ, Куыд бонзонгæ, Куыд ныгъуылд дæ, поэт! Судзины’ кадавар хуынкъæй
Рухсы фæдзæл-тын Дæ риумæ бакæсæд — Æмæ дæхæдæг ысрухс кæныс Уалдзыгон хурау. Дæхимæ фæкæсы дæ цæсты ’рду Къалабæласæй ыстырдæр. Нæ мæлыс кадыл. Карьерæ, зæрин цырт, хъæздыг цард. Дæ фæсонæрхæджы дæр не сты. Нæ зоныс: дæ зæрдæ Искæй хъæуы æви нæ, Уæддæр æй нылхъивыс дæ армы Æмæ йæ дзыллæтæм, Зевсæй æрыскъæфгæ зынгау, Тæмæнкалгæ дарыс. 1975 Æваст мæ зæрдæ Сойæвдылдау æрфæлмæн, Мæ тугдадзинтæ мæ уæнгты Цины зарджытæ нывæндынц. Мæ ивзыд сæрыхъуынты Æнахуыр æхцонæн банкъардтон Мæ дзæбæх гыццийы Дæрзæг æнгуылдзты змæлд. Мæ сагъæсты Уырзыйас лæппу фестадтæн... Зымæгон урс æхсæв... Зымæгон даргъ æхсæв... Мæ гыццийы къухыл хæцгæ, Аргъауы æнахуыр бæстæм Фæцæуын цыбæлæй Æд фат, æд æрдын Авдсæрон уæйгуытимæ Мæ тых æвзарынмæ... 13. 2. 75. * * * Урс хохы сæрты Сау сынт фæтæхы. Цыма урсдадалй Мады сæрæй Дымгæ фелвæста Сау кæлмæрзæн Æмæ йæ фæхæссы. Цæстытæ Цæстытæ — арвы сихтæ. Растдæр зæгъгæйæ — Арвы хъæбултæ — Фаззæттæ. Кæронæй-кæронмæ Зæххы къорийыл 19
Арвау æххæссынц. Арвау — æгæрон, Арвау — æнæбын. Куы цъæх-цъæхид цæхæртæ калынц, — Ирд æмæ райдзаст. Сæ бæстастæуты Динæвдылд хур-къуыбылæйттæ Къуырриццытæй хъазынц. Куы ысасадынц, Маст æмæ фыдохы мылазон мигътæ Се ’рфыты ныццæм вæййынц, Дæлгоммæ фæзилынц Суары къæртатæ... Дæстытæ — Арвы фаззон хъæбултæ. Арвы миниуджытæ, Арвы традицитæ Сæ мидæг цæрынц. Рухс дунейæ Куы ацæуы лæг, Уæд, æвæццæгæн, 11æ цæстытæ Арвмæ æнхъæлцау ыздæхтæй Уымæн баззайынц... 1974 * * * Куыд сабыр у æхсæв, куыд хъуынджын, Йæ тары ныдздзæгъæлтæ. цæст. Стъалытæ мигъы фæнычы Цæхæрау æрцыдысты нуæрст. Æви та, зæринбазыр цъиутау, Æртахтысты зæхмæ фæлмæн, Пæр-пæргæнгæ хуыскъ телы хъилтыл Æрбадтысты, калынц тæмæн? Куыд рухс у, куыд сабыр нæ сахар! — Æфтауы мыл цин æмæ дис. Стъалытæй алкæцы ’рмахуыр Зæххон лæгыл абон ыссис. Гъе, уымæн ыстъалытæ-цъиутæ Нæ цæрттыл дæр ахстон кæнынц. Пæр-пæргæнгæ хуыскъ телы хъилтæй Нæ цæстытæм судзгæ кæсынц. Куыд мæйдар у ацы ’хсæв, уастæн! Фæлæ мæ уый лидзы дæрдты: Мæ цæстытæ стъалытæн — ахстон, — Мæ гагуытйш бадынц «ъуыртты. 1975. * * * фæззæг. Афу кодта дымгæ Дысон дидинæг-цырæгъты, Уый ыскъæбæда и, стызмæг, — С ахстæттæй фæтардта мæргъты.
Оххай, базырджын бæлццæттæн Удау аскъуыдта сæ зард-уаст. Тилынц бæлæстæ сæ цæнгтæ: 0,^ нæ къæбултæ,4 фæндараст! Уыдон — хурæвдылд бæстæтæм, Гъе, уæддæр сæ фæстæ дардæй, Сидзæр сабийы цæстытау, Ахстæттæй кæсынц æнкъардæй. 1974 Уынгтæ — фынгтæ Нафы куывдæн. Бæлæстæ — рæдау æфсинтæ. Æрлæууыдысты Дывæрсыг рæнхъæй, Чъызгæ-ризгæ ’вæрынц Цæнкуылфых луаситæ Сау лакъæй ахуырст Дæргъæй-дæргъмæ фæйнæджытыл. фæззæг — хуындзау. Пæ бур бæх æрбаста Нæ кæрты. 1974 Зæрин уаддзæг «Аврорæ»-йы гæрæхтау Ныннæрыд арв тыхджын. Æрыхъалысты хæхтæ, — Куыд даргъ уыди сæ фын! Йæ хъал æфсургъæй зымæг Микъалайау æрхызт. Знон дæр ма — фыртызмæг, - Ныр цæстысыг æрмызт. Ныббызырттæг мæстыйæ, Пысырайæ — цъæхнад. Фæсурынц æй фæстейæ Сырх дидинджыты ’фсад. Хур, Ленинау, дунемæ Йæ рухс цæстæй кæсы, Иæ фарн æрцарди немæ, Хæрзамонд нын хæсеы. Æнæдзыллæйы туггалд Цы стыр тыхтæ хæцыд! — Фæсреволюци дугау Зæрин уалдзæг æрцыд. 29. 3. 75. Полемикæйы бæсты Ды мын кæныс былалгъæй алхатт фидис: «Дæ зарæг у къæбæрсайæн æрмæст. Фæлтау дæ хæс, фыййау цæугæ, куы фидис, — Нæ дзыллæ дыл æрæвæрид йæ .цæст. Кæй хъæуьгнц, кæ, дæ рифмæбыд рæнхъытæ, Кæй хъæуы, кæ, дæ тыхст уды фæдис? Ныффæлдах дур дæ катайтæ, дæ хъыгтыл Æмæ дæ къухмæ царды дæгьæл сис». 21
— Ныууадз, хæлар, дæ хъармкъухы ныхæстæ, Мæ мастыл мын цæмæн ызæрыс цæхх? Нæ зоныс ды: мæ сонт зæрдæ — зынг уæхстыл, Мæ тæригъæд куыд нæ уромы зæхх... Нæ зоныс ды: ,мæ риссаг зæрдæ, булкъау, Хуымон галау кæдæй нырмæ хæссын; Мæ цæстытæ куыд фæкæнын æхсондзагъд, Мæ уырзтæй дæр куыд рахъары цæссыг. Нæ зоныс ды: мæ къæбиц-зæрдæ, булкъау, Куыд ыскъахын, куыд равæййы афтид. Зæгъын, кæд Иры уаз къæбицмæ, мулкау, Мæ сагъæсты чысыл хуын дæр æфтид. Ды та цæгъдыс уæгъдидонæй дзæнгæда, Дæ сæры нæй, кæлмхæрд æхсæрау, апп. Уæддæр дын æз хъæбæр ныхас — цæнгæтау Зæгьын цæхгæр —мæ рохст зæрдæйы дзуапп: Куы нал кæса лæгмæ лæджы рыст цинау, Дæ хин уды куы сахстон кæна зæд, Куы ныггуылф кæна дунейыл рæстдзинад, Фæстаг рæнхъ ма поэт ныффысдзæн уæд! 1975 * * * Куы фены искæмæн æнтыст, Уæд зындоны цъæх артæй судзы. Фæкæны зиудыхæй йæ куыст: Рæстудыл калы 1гьыф, нымудзы. Куы бафтид ахæм лæгыл куырм, Йæ цæст уæд нал хæцид æнтыстыл, Кæннод йæ гагуытæ, мæгуыр, Цъыбыртты сыгъд кæндзысты! * * * Поэт куынæ кæна тæхгæ, Уæд уый у мард, — нымадта рагæй. Пегасыл бабадон, зæгъгæ, Фæлæ йæ рæвзылдта йæ рагъæй. Ныр уартхæфсау быры, лæсы Сæ фæдыл базырджын æфсургътæн. Цы кæна, ахæм уаргъ хæссы Æмæ йæ хъару нал у дугътæм! * * * Цæмæй дæ хъул ысбада сах, Асламæй бафта ’нтыст дæ къухы, — Фæдарыс мæм цæхгæр дæ къах, Ома фæуон йæ разæй дугъы. Фæлæ куынæ уа зæнджы магъз Æмæ лæгдзинад та — дæ фæнды, Уæд мæ фæнды къæппæджы ’рцахс, — Дæхæдæг чиудзынæ мæ фæдыл.
Хæдæй дæ сæнттæцагъдмæ хъусæм, 'Фæлæ дæ чи кæна зылын! — Дæ тæригъæд фæхæссæд музæ, Жæд дæм куыд æрæгмæ зыны! * * * Дуы ’рбады уый дзаджджын фынгыл, — Цыма у Нафы куывды хистæр, — Нывæнды гаджидау нывыл, Ирыстоны уæларвмæ сисдзæн. Фæкæны йын йæ уд нывонд Йæ суæрттæ, йæ хъæд, йæ дуртæн. Т?æ хæхты фидыц, дам, æрвон, йæ цæсгомæй, дам, худынц хуртæ. Уæууа, цы нæ кæны мæнгард! Йæ сау удмæ ныккæс ын арфдæр: -Зæгъгæ ысирвæзт Ирыл арт, — Иæ цæст дæр не ’рцъынд кæнид, афтæ Ысцъирид Леуахийы дон, Нывдузид хъал Теркæн йæ гуырæн, ТДæмæй йæ уарзон Ирыстон Æрттива пиллонкал гуыр-гуырæй. * * * Æвзаджы цъуппæй булæмæргъ зары Æмæ... зæрдæйы сау калм хуыссы. Гъех, мæ сау сæрыл сау туг куыд уары! — Лæг \йæ цæргæйæ цынæ быхсы... æпп / Æгайнæг баррикадау. Урс-урсид быдыры, Саст æфсадау, Ривæдæй баззайынц... сагау, Иудадзыг зæрдæ — Тæпп! ТæПп!.. Иудадзыг зæрдæ Хауы тъæпп; Кæнын дын табу, Фæндагсæры дзуарау., Ды куынæ уанс, — Л^е знæт хъуыдыты бардз Бал-бирæгъты разæй, Тугкалгæ лидзæг сæрджын Сæрсæфæны ’былæй Асхъиуид... Кæнын дæм фыдæх дæр. Мæ масты цæджджинаг Иæ ’былтæй акæлъь Ды мæ фæдисон, Мæ цирхъæлвæст рæнхъытæн Сæ развæндаг æрæхгæныс Тæрсын дæ, тæпп, Фæстаджы тæпп. Иубон мæ хурмæдзог фæндагыл Фестдзынæ, зонын, Къуырф ингæн. 1975
БУЛКЪАТЫ МИХАЛ ДÆ ФЫДÆЛТÆ РУХСАГ Историон роман Фыссæг Булкъаты Михал ныффыста историон роман «Дæ фыдæлтæ рухсаг». Романы æртыккаг хайæ мыхуыр кæнæм хицæн сæртæ. I. АКТАДЖИ Генуайы консулы галуан бацахста Актаджи. Венециаг хуызджыю авгæйфæлыст хатæнтæм бæхы хид æмæ быдыры кæрдæджы тæф æрба- хастой монгъойлаг хæстонтæ. Йæ фыд Таз æмæ йæ фыды фыд Мунджу- кимæ- схицау сты ныр Хурыскæсæны, Хъырымы æмæ нойон Яшлауйæн йæ къæдзил йæ сагæхсты стъыссын кодтой. Куы йæ . арвыста, уаёд ын фæдзæхсгæ дæр уый кодта Ногъай: Джучийы улусы стыр фæндаг какон æмæ быронæй чи йедзаг кæны, уыдоныл стæрхон кæнын нын никуыдæм ирвæзы, нойоны уал уадз æмæ уал йæ сæр йе уæхсчытыл хæсса. Хъырым^ ныр мæ мыггаджы къæбиц у æмæ дæ цы фæнды, уый дзы райс. Яшлау- ’ хъараджуйы уал уадз æмæ уал, Саин-Ханы рухс фæндагыл каконау цы.. алантæ æрзадысты, уыдонæн сæ сахар ныккала, зæгъгæ. Кафуйы сахарæн йæ ном хъæр уыд йæ цагъарты базар æмæ алы- гъуызон фосæфснайæн ныккæндты фæрцы. Италиаг сæудæджертæ ра- гæй хицауиуæг кодтой ам, фæлæ монгъол куы æрбазындысты скæсæны æрвгæроныл, уæд сæ бартæ сцыбыр сты æмæ сын сæ сæйраг бадæн байс- той. Стæй чысыл рæстæг рауад æмæ хан Менгу-Темыр италиæгтæн Ка- фуйы сахар фæстæмæ ауæй кодта формалон æгъдауæй æмæ дзы Генуа- йы паддзахады консул æрбадт. Иуæрдыгæй Генуа æмæ Венецийы пад- дзахадтæ, иннæрдыгæй та Византи, Хъырымы базæртты схицау кæны- ныл сбыцæу сты. Фæстагмæ Генуайы бацис Кафу, фæлæ монгъолты хи- цæуттæ искæй суверенитет рыгмæ дæр нæ дардтой æмæ сахары алфæм- блай цæрæг адæмыл дывæр тугуарæн æркодта. Актаджи цы баййæфта, ууыл йæ дзæмбы сæвæрдта, сахары æфсна- йæн ныккæндтæ байдзаг сты европæйаг зынаргъ уæфтæгæй, хæрдгæ- хуыд хъуымацæй, сгæлладæй, сæракæй, Уæрæсейæ æрласгæ хъæдæрмæ- гæй, мыдæй, мыдадзæй, æфсæйнагæй, æрхуыйæ, хатыйаг фарфорæй,, индиаг адджинагæй, зынаргъ дуртæй æмæ налхъуытæй, африкæйаг пылы стæгæй. Юртæйы фæздæджы тæф æмæ бæхы хиды сымагмæ хъо- мыл хæстонтæн европæйаг цивилизаци сæ дадзинтæ хъыдзы кодта æмæ сын сæ цæстытæ къахта. Генуайы консулы галуаны рудзгуытæ ныддæ- рæн кодтой, сæйраг дарбазы хуры цæсты хуызæн люстрæ раппæрстой, сыгъзæрин æмæ æрхуы шандалтæ бафснайдтой Актаджийы хъутармайы, кæд сæ райсом куыд спайда кодтаиккой, уый нæ зыдтой, уæддæр. Ныв- æфтыд къултæн сæ фрескæтæ æркалдтой, орнаментджын сырх хъæдæй- конд дзаумæттæ ныффалгæрон кодтой. Сахары фæзуатвг рагон эллннаг- 24
архитектурон аргъуаны алфæмблай хос сæвæрын кодта Таз æмæ йыл* арт бандзæрста. Бердзенаг сауджынты развæлгъау дзæнгæрæгцæгъдæн- тыл æрцауыгътой æмæ сыгъдысты иумæ хуыцауы нидæнуат, хуыцауь? минæвæрттæ æмæ незамайнаг фрескæтæ, нывтæ, фæлгæнцтæ æмæ ар- гъуаны дзаумæттæ. Наулæууæны наутæм сгæр-гæр кодтой эмир Алтыбарсы кешиктæ,, трюмты цы базайраг фос уыд, уыдон ордæйы «æвзонг ныфсы» къæхтьг цур ныккалдтой æмæ нал уыд кæрон алайнаг, азиаг, уæрæсеаг, евро- пæйаг сæудæджерты мастæн. Консулы галуаны стыр хатæн уыд персайнаг гауызтæй фæлыст æмæ дзы фæлмæн базтыл уæгъдибарæй бадтис ордæ æмæ Ногъайы «æв- зонг ныфс» Актаджи. Бæхы мукъуйау ’даргъ цæсгомыл æхцонад хъазы, фæлæ йæ æвзонг хицау æмбæхсы, уымæн æмæ йын хистæр ака бацамыд- та: дæ дæлдæрты дæ зæрдæмæ макуы ныккæсын кæн. Фрескæтæй æм- æхгæд цармæ йæ цæстытæ ныццавта æмæ, Ногъайы фæзмгæйæ, исду- гæй-исдугмæ дзырдта: — Уый нын æхцон у. Иæ фыд Таз йæ дæлфæдтæм бады æмæ йæ алы дзырдæн йæ сæр йæ фырты къахыл æрцæвы: — О, Джучийы улусы ныфс æмæ нæ зæрдæйы рухс! Скифты быдыр- тæй дæм хъипчахътæ сæ минæвæрттæ æрбарвыстой æмæ дæ хæрзиуæг- мæ æнхъæлмæ кæсынц. Актаджи, цармæ кæсгæйæ, йæ сæр банкъуыста: — Уый нын æхсызгон у. — Бæхты рæгъæуттæ^æмæ фосы дзугтæ æрбатардтой, сæ раздзогтæ- дæ иу хæрзиуæджджын æнгæсмæ бæллынц. — Фæлæудзысты. Æртæ миниуæджы райста Ногъайæ, мæнгарддзинад æмæ цытуарзт, фыдракæндты хыгъд хуыцаумæ кувын æмæ уды ком суадзын, йæ туг æмæ йæ дадзинты æвзонгады монц сылгоймагимæ банымæг кæнын. Уый фæстæ та хуыцаумæ кувын æмæ сæрзилæджджын нозтæй йедзаг пиала!' О, фæсхæст фæллад суадзынæн уымæй хуыздæр амал нæма скодта- аллах! — О, нæ ныфсы æхсар! Уый ильчи Флоренцо Содерини у! Йæ разы гуыбырæй лæууæгæн йæ мукъутæ нæ уыдта, фæлæ Хъур- мысы фырт Аянджийы базыдта йæ хъæлæсæй. Иæ къахæй йын йе уæхс- кыл ахæцыд, уæлæмæ сыст, зæгъгæ. Кæй æрбакодта, уымæ скаст æмæ- йын уый кæд йæ сæрæй акуывта, уæддæр æм йе ’нгæс хивæнд фæкаст. Йæ лæуд ын æхцон нæ уыд æмæ цыма туаг æхсынцъы ахордта, уыйау йæ уæллаг былы кæрæттæ тъæпæн фындзы базыртырдæм фæхъил кодта. Флор’енцо Содеринийæн йæ къандзолыл иу æгънæг дæр нал уыд, æвæц- цæгæн ын сæ Аянджи æртыдта æмæ сæ йæ дзыппы бафснайдта. Урс хæ- доны æфцæггот йæ фæсонтыл’ æрцауындзæг. Зæрдæ æмæ уды рис фæтæн- ныхыл гæзæмæ дагътæ фæзынын кодтой æмæ сау-сауид æрфгуыты тыбар- тыбур змæлд дзырдта: риссын, ф’æлæ быхсын! Сау цæстыты арт кæмдæр- бамбæхст, дæргъæццон фындз æмæ рæстæмбис сау рихитæ йын кæрдгæнывы æнгæс лæвæрдтой. Дыккаг хатт акуывта Актаджийæн. «Уый нын æхцон нæу», зæгъгæ, зæгъынмæ хъавыд, æмæ уæд Аянджи ильчи кæй хуыдта, уымæн йæ сæвджын уæхсчытыл йæ тымбыл сæры- къуыдыр нал аззадаид, фæлæ Ногъайы фæдзæхст æрбалæууыд йæ зæр- дыл: «Тæрхоны кард дæм нæма дæттын, мæ хъæбул. Хараджа чи нæ фида, ууыл нæхæдæг стæрхон кæндзыстæм. Хуыцау æмæ фыдæлты юсун дæ зæрдыл дар, мæ хъæбул». Æгъдау æгъдау у æмæ йын цыт кæнын хъæуы, кæд уыцы æгъдау мæнæ уыцы ирддзастæн сахарыл хицауиуæг кæныны бар радта, уæддæр. Менгу-Темыр Генуйæгтæн ныууæй кодта са- хар æмæ сын загъта: сымах у æмæ йæ пайдатæ дæр сымах сты* Ныр Актаджи мæнæ уыцы Содеринийы куы ныммардтаид, уæд æгас ордæйы 25"
ахъæр уыдаид: Ногъай хан Тохтайæ йæ маст исы æмае йын йæ фыды юсун ныххæлдта. Зонды къуыбар у Хистæр ака, фæлæ ахæм уавæры цы -загътаид? — Зонæм ильчийы. Федтам ильчийы æмæ нын æхцон уыд. — Загъта уый. — Содерини-хъараджуйы федта нæ ныфсы æхсар, фæлæ йын йæ ха- нумы нæ федта. — Бынтон суæндон Аянджи. — Генуайы ильчи Содерини загъта: мæ ханум, зæхх æмæ арвы кæ- ■ рæттæ кæрæдзийыл кæм ныдзæвынц, уырдæм ацыд. — Содерини-хъараджу Яланджи у. — Йæ ныхасмæ тюркаг дзырд фæхæццæ кодта Аянджи:—Ханум ам ис æмбæхст. Актаджи йæхиуыл рахæцыд: — Йæ фенын нæ фæнды! — Загъта. Иæ размæ йын æрбакодтой, иу æртын азы кæуыл цыдаид, ахæм рæсугьд сылгоймаджы. Хъуссæджытæ змæлыдысты пылыстæджы хуы- зæн фæсхъустыл. Ныффæллад æмæ йын уæлдæф нал фаг кодта. Къуьш- риутæ йе сулæфтимæ дæлæмæ-уæлæмæ кодтой. Дунемæ кæсын æй нал фæндыд, даргъ цæстыхаутæ цæстытыл æрфæлдæхтысты. Йæ комыкъул- тæ ныссур сты, йе ’взаг сырх-сырхид былтыл рауадз-бауадз кодта. Акта- джийы цæстæнгас урс-урсид дæллагхъуырæй дцууæ дзидзийы æхсæнмæ æрбырыд. Стæй йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ йæ сæнтты мидæг сылгой- маджы бынтон сбæгънæг кодта. «Чи зоны, Аянджи-хъараджу уый дæр Содеринийау бастыгъта æмæ йын уый къандзолы сæхтæджытау байста ’æппæты...» — Уый нын æхцон у! Акæн ханумы йæ уатмæ! Содерини йæ цæстытæ бацъынд кодта, йæ- дæндæгты хъыррыст ссыд, уымæн æмæ зыдта, еныр цы æрцыдаид, уый. Актаджи сыстад æмæ^ Аянджи сылгоймаджы кæдæм басхуыста, уырдæм бацыд. Содеринæйæн’ йæ разы кизиктантæ слæууыдысты æмæ йæ уыцырдæм кæсын дæр нæ -ауагътой. Дурдзавдæй лæууыд æмæ йæ уый хуызæн худинаджы фæстæ цæрын нал фæндыд, æмæ ма йæ иу хъуыды куынæ урæдтаид, уæд ам йæ- хицæн мæлæт ссардтаид: «Кæм ис Джузеппе!.. Кæм ис мæ чысыл лæп- пу!.. О, Зевс, ратт мын быхсыны фаг тых, цæмæй тыхгæнæгæн йæ тых- мийы снымайыны фæстæ амæлон æмæ ацы худинаджы гакк мауал хæс- сон мæ чъылдымыл». Актаджи чысыл фæстæдæр æрбаздæхт, фиуæйæфсæст гæдыйау, йæ былтæ стæргæ æмæ худгæ. Йæ бынаты æрбадт, йæ къухы иу ауыгъдæп сæнтсырх атлас уæлæфтауæны уылæнтæ персайнаг гауызыл сфæйлыдтой. «Цы бакодтаид мæ уавæры ме стыр ака?.. Æгæр адджын уыд италиаг ханумы урс буар æмæ йæм уый дæр нæ фæлæууыдаид». Æрырвæссон ис æмæ йæ цæсгомы æлхынцъытæ айхæлдысты, Содеринийыл дæлæмæ æрхæцыд. — Æхцон нын у дæ фенд æмæ Кафуйы сомбоныл иумæ уынаффæ кæндзыстæм. Афтæ фæнды хистæр ака æмæ Актаджийы. — Олимпы хуыцæуттæ дыл баууæндæнт! — Тыххæй сдзырдта Фло- ренцо. — Кафуйы сахар Саин-ханы улусы сахар у, фæлæ дзы дæуæн дæр хай ис. Махæн цы ис, уымæй дæуæн ис хай. Дæуæн цы ис, уымæй — ма- хæн. Афтæ нæ фæнды. Содеринийæн йæ хъуыр цыдæр æрбахгæдта æмæ йæ фæцæйхурх кодта. Йе стыр къухты уæлæрмттыл йæ дадзинтæ атыппыр сты æмæ йын сæхигъæдæй атымбылтæ сты. «Олимпы хуыцæуттæ, раттут мын бых- сыны фаг тых, цæмæй уый фæстæ æртывæрæй бафидын кæнон!» — Куывта йæхинымæры. — О, не стыр бардар, æцæг афтæ у! Саин-ханы улусæн цы ис, уый мах у æмæ махæн цы ис, уый та стыр Эмир-и-туманы байзæттаджы у! — тæтæйрагау, хæбæццæй бадгæйæ, йæ сæр тилы Содерини æмæ мæстæл- гъæд худт кæны. '26
«О, Зевс, риссын, фæлæ быхсын æмæ мæ ацы худинаджы гаккнмæ бирæ ма фæцæрын кæн!..» Иæ зæрдæ йæ бинойнагмæ ахсайдта, Актаджи йын йæ цæсты раз кæмæй фæхынджылæг кодта, уымæ; «О, Мария, ныббар дæ ницæйаг хæлар æмæ æмкъайæн, дæ сæрыл рахæцын йæ бон кæй не ссис, уый!» — Кафуйы æфснайæн ныккæндты дæгъæлтæ иууылдæр дæу сты, уымæн æмæ махмæ цы ис, уый Саин-ханы улусы у, сымахмæ цы ис, уый та мах у. Айс æмæ дæ налмас цæстæнгас бафсад хатыйаг атласы тæмæ- нæй, хиндийаг налхъуыты кæлæнгæнæг æрттывдæй, багъдадаг гауызты мингъуызтæй. — Дзырдта Содерини, уымæн æмæ йæ хуылфы цы маст ныггуыппæг ис, уымæн йе суадзыны иунæг адоал дзурын уыд. — Уый нын æхцон у. * «О, Мария, ныббар мын!.. Æз абæстæй афтæ ацæудзынæн, æмæ ацы худинагæн нæ чысыл фырт Джузеппе ницы базондзæн!.. Кæм ис Джу- зеппе!» Юртæйы ердомæ кæсын сахуыр Актаджи, хатæны бæрзонд æрдын- цар ын йæ сæр зилын кæны. Хатт зынгсирвæзтыты æвзæгтæ ферттивынц пывæфткд къултыл. Рудзгуытæй æрбакæлгæ фæздæг ыл адджын рæдзæ- мæдзæ æфтауы. Йæ уды чъизи æмæ йæ тудяШ цъаммар хæрв Содерини- йы бинойнаг Марияйы сынтæгыл ныллæмæрста æмæ йæ йæ хъуыдытæ адджын сæнттырдæм ивæзтой ныр... 1<æй зæгъын æй’ хъæуы, Хистæр ака йæ уарзон хæрæфырты йæхæдæг сæвæрдзæн бæрзонд къæлæтджы- ныл æмæ уыцы къæлæтджыны бæрзæн уыдзæн Ногъайы къæлæтджыны бæрзæн. Иæ дæлфæдтæ йын се ’взæгтæй стæрдзысты йæ фыд Таз, йæ фыды фыд Мунджук, Хулагидты куыдзы мыггаг иууылдæр. Кады худ ыл Ногъай йæхæдæг æркæндзæн æмæ йын йæ къухы ныссадздзæн Саин- ханы уæлахизхæссæг æхсаргард æмæ... — О, Саин-хан æмæ стыр Эмир-и-туманы ныфсы сæр, печенегтæ æмæ сомихæгтæ минæвæрттæ æрбарвыстой. Сæ хотыхтæ сæ хъуыртыл рæхыстæй ауыгъд. Иæ адджын сæнттæ фæпырх сты æдоæ Марияйы пылыстæджы хуы- зæн риутæ йæ цæсты разæй æрбатары сты. Йæ фыд Тазы муйъутæ замс цырыхъхъы бырынкъæй скъуырынмæ хъавыд, фæлæ йæ консулы хъæ- лæсфæурæдта: — О, не стыр хицау, иунæг хуыцау загъта: хъуыдыйæ дæ сæр цæ- мæн сæттыс, кæд, сæнттæ кæуыл цæгъдыс, уый дæ къухы йс, уæд. Ды амондджын дæ, дæуæй амондджындæр арвыл стъалытæ дæр не сты. Актаджи йæм джихæй бакаст, мæ зæрдæйы бынмæ мын куыд нык- каст, зæгъгæ, æмæ загъта разыйæ: — Уый нын æхцон у. — Херсонес æмæ Сыгъдæгæй бердзенæгтæ æрбацыдысты, цалдæр бæлæгъыдзаг дирхемтæ æрбаластой æмæ дæм æнхъæлмæ кæсынц. — Дзуры йын йæ фыдыфыд Мунджук. Актаджи йæ былтæ æрбассывта æдоæ фырцинæй йе ’взаг бацъыкк- цъыкк кодта: — Нцъы! Нцъы! Нцъы! Йæ сæнтты мидæг персы ху’лагидтæн сæ сæртæ акъуырдта, Тохтайы бардызта æмæ йæ хъоргъы ныппæрста, аланты фæтæджы хъилыл æр- сагъта æмæ йын йæ адæмы базары ныууæй кодта, эмиртæй бирæтæн сæ цæстытæ скъахта æмæ ма дыууæйæ баззадысты. Актаджи сыгъзæрин тахтиныл бæрзонд бады æмæ йæ дæлфæдтæм фырзæронд Ногъай дуне- *йы стыр хицауы дæлфад йæ бæрзæйыл сæвæрдта. Иæ сæр банкъуыста мæстыйæ æмæ йæ цæстытæ адымстысты. — Цæуыл тыхсы Саин-ханы ныфсы цырагъ æмæ мæ уарзон хъæ- *бул? — фæрсы йæ МундЖук. — Иу кæрддзæмы дыууæ карды нæ бафснайдзынæ. — Ух! Ух! Ух! — Скъох-къох кодтой эмиртæ. 27
...Хистæр ака бирæ фæтох кодта æмæ йæ зæронд стджытæ сыджы- ты æрулæфын домынц. О-о-о, Актаджи йæхæдæг ахæсдзæн йе уæхскыл йæ уарзон акайы æмæ йæ дæлзæххон кадджын юрты стыр цытимæ ба- вæрдзæц. Стыр дæлзæххон «юрт» скъахдзысты, ака бадгæйæ кæм ба- 4 цæуа, ахæм. Иæ астæу ын фых дзидзайæ йедзаг фынг æмæ’ бæлæгъ сæ- вæрдзысты. Ноджы бæхы æхсырæй йе ’мбылтæм стыр пиала,.цæмæй удты бæсты дзидза æмæ хъуымызæй ма сцух уа. Йæ уæлхъус ын^фс æмæ урс бæх бабæтдзысты. Иу бæх та йын æргæвдгæ акæндзысты. Иæ- дзидза йын бахæрдзысты, йæ царм ын хосæй ныннæмдзысты æмæ йæ, йæ цыппар къахыл лæугæйæ, хистæр акайы уæлхъус сæвæрдзысты. Уадз æмæ удты бæсты йæ бæхты рæгъау цот уадза æмæ йын уа, балцы цæуыл цæуа,. уый, цы хæра æмæ цы нуаза, уый... Стæй баззайдзæн Актаджи адунейыл иунæгæй æмæ йæм цæудзысты алы къуымтæй адæмт-æ тæфæрфæс кæнын- мæ. О, афтæ мачи фенхъæлæд, ома Актаджимæ бацæуæн ф.æндаг хуымæ- гæджы фæндаг уыдзæн!.. Дыууæ арты скæндзысты æмæ сæ фарсмæ дыууæ- бæхарцы ныссадздзысты цагъартæ. Сæ цъуппытыл ивæзт бæндæнтыл алыгъуызон хъуымацы гæппæлтæ æрцауындздзысты. Тæфæрфæсгæнæг се ’хсæнты бацæудзæн, арты æвзæгтæ йæм дыууæрдыгæй лæбургæ куыд кæ- ной æмæ йыл бæхарцыты фарсмæлæууæг æппæты рæсугъддæр хатунтæ- доны æртæхтæ калдзысты: Тфу, тфу, кæд дæм исты хин ис, уæд дын Ак- таджимæ бацæуыны агъоммæ арты басудзæд!... О, Актаджийæн йæуар- зон ака амæлæд, уый йеддæмæ йын фараст хотыхджын цагъары æмæ фараст æппæты рæсутъддæр хатуны йемæ бавæрдзæн... — О, æппæты стырдæр улусы, æппæты стырдæр ныфсы цырагъ, но- йон Яшлау домы æрбацæуын. — Ныдздзырдта йæм Мунджук. Ныппырх сты йæ сæнтты мæсгуытæ æмæ рахауд йæ сыгъзæрин тах- гинæй Актаджи. Нойоны сæры тыххæй йæ кæд сæрмагондæй бафæ- дзæхста Ногъай, уæддæр æй йæ хъусдардæй тынг нæ буц кодта. Яшлау йæхæдæг дæр æнкъардта хицæутты æмбæхст фыдæх æмæ йæхи дæрдты ласта. Ныр æй цы бахъуыд? Содерини базыдта: Актаджи зæгъдзæн, «уый нæ зæрдæмæ нæ цæуы», зæгъгæ, æмæ нойонæн дуарæй мидæмæ æрбахизын нæ бантысдзæн. «Цæмæннæ хъуамæ спайда кæнон Актаджи- йы хорзæхæй, цæмæннæ хъуамæ базонон, нойон мидæмæ æрбацæуын цæмæн домы, уый!.. Цæй, æххæст кæронмæ баназон маргæй йедзаг дзаг- гарз!» Иæ сæр æм бакъул кодта æмæ йын йæ мукъумæ, æрмахуыр куы- дзау, кæсы. — Цæргæс мæргъты курильтайы бадт æмæ мæргътæй се ’ппæты уынаффæмæ дæр байхъуыста. Фæстагмæ ма чъырттымы цъыбар-цъы- бур æрбайхъуыст. «Цæмæннæ хъуамæ байхъусон чъырттымы уынаффæ- мæ, уымæй мæ тахты бæрзæнд фæныллæгдæр уыдзæн, миййаг!» — хъуыды кодта Цæргæс. — Ногъайы хæдзарвæндаг нойонмæ фыдæх кæй. уыд, ууыл йæ зæрдæ даргæйæ, загъта Содерини. Актаджи ныккæл-кæл кодта. О, мæнæ цæй цыргъзонд у ацы консул! — Уый нын æхцон у! — Нал æнцад йæ худынæй. — Æрбацæуæд!.. зæгъæд чъырттым йæ уынаффæ. Дуары цурæй йæ зонгуытыл æрбабырыд нойон. — О, нæ ныфсы мæсыг, Хъырым æнæхъæнæй дæ зæвæты бын ис! — Зæгъы уый. — Фиппайæм æй æмæ нæ зæрдæйæн æхцон у уый. — Тызмæггомау æм бакаст Актаджи. — Аланты фæтæг не ’рбацыд æмæ нын уый æхсыз- . гон нæу. — Кæд мын нæ ныфсы мæсыг бар ратдзæн, уæд æз бацæудзынæн Дурчъырмæ æмæ фондз боны фæстæ йæ дæгъæлтæ дæ разы уыдзысты.. Иæ уæллаг былы кæрæттыл та, бæхы былтау, йæ фындзы базыртырдæм^ схæцыд. — Нæ! — Цæхгæр загъта уый. — Дурчъырмæ бацæуын нæхцæн æхцон уыдзæн, фæлæ уал мæ разæй ака æмæ эмир Алтыбарс бацæу- дзысты. 28
Мунджук æмæ эмир Алтыбарс сæ гуыртыл Актаджийы къæхтырдæм рахæцыдысты æмæ загътой: Саин-ханы улусы ныфсы мæсыгæй бузныг стæм, алантæм нæ минæвар кæй æрвиты, уый тыххæй. — Æз загътон, — йæ къух ауыгъта Ногъайау Актаджи æмæ ды- мыстæрджытæ базыдтой, сё ’взонг ’хицауы семæ дзурын кæй нал фæн- ды, уый. «Баззад ма аланты сахарæн цалдæр боны цæрæнбон, фæлæ уый размæ Актаджи йæхæдæг фæмард уыдзæн»,— хъуыды кодта нойон. II. БОРÆТЫ КÆФЦИИЫ ГУЫРЫСХО ÆМÆ АКТАДЖИИЫ МИНÆВАР Авд хатты абар... Æмбисонд. Сæйраг мæсыджы цъуппæй сахарыл фæлгæсыдысты Æмбазыг, Аз- .хынцæг, Цæра, Борæты Кæфци æмæ Куырдалæгон. Стыр сыкъа ныу- уасыд. — Æвæццæгæн сахармæ чидæр æрбацæуы. — Загъта мæсгуыты хицау. СаХары уынгтæ хурæй байдзаг сты, къæдзæхтæн, чъырсудзæнау, сæ пиллон калдис. Æрвгæрон сыгъдис æмæ йæ сæрмæ фæлурс фæлм змæ- лыд. Бырынцъæджы бакомкоммæ айнæг æртгъуызæй æрттывта. Æнтæфы тыхст бæхтæ сæ сæртæй куывтой. Къæдзæхы сæрмæ хъарагъул афтæ зынд, цыма йыл арт сирвæзт æмæ йæ ала кæлы. — Цæра, цымæ Бырынцъæджы фаллаг былæй лæгбæндæн не ’рбап-' парид æмæ йæ уæлæ не ’рбабырид? — Æнæнхъæлæджы афарста Æмба- Зыг. — Æмæ цалынмæ уый йæ куыст кæна, уалынмæ хъарагъултæ фы- нæй бауыдзысты? — Фынæй Сауассæ дæр нæ кодта, фæлæ йæ нойоны дзырдхæссæг ныргæвста. — Мæстыйæ загъта Борæты Кæфци. Кæфцийы бустæ йæ зæрдæйы, сындзау, фæныхстысты, фæлæ уæз- данæй загъта: — Сауассæйы æмбисонд зонд-зонæн уыдзæн Дур-чъыры мæсыггæс- тæн. Майрæмададжы сæрмæ цæргæстæ æмæ холыхортæ, цъæхахстгæнгæ, зилахар кодтой, æвæццæгæн сын дойны уыд, кæнæ та сæм туг нуазын æмæ холы хæрын æрцыд. Къæбæлдзыг æврæгътæм кæсгæйæ, афарста Азхынцæг: — Цæмæн дæ бахъуыд бæндæны хабар? Дыууæ сиучы æхсæнты аргъуаны æрдынцармæ акаст фæтæг, цыма йæм кувгæ кодта: — Нæ фыд! Никуы æрæййæфтай ахæм хабар?.. Кæсыс лæгмæ, ницы йæ тыхсын кæны, фæлæ дæм йæ цæстытæй мæлæт йæ къухтæ тилы, æв- вахс мæм æрцу, зæгъгæ!.. Цыма мæлæт йемæ рахæсс-бахæсс кæны æмæ нæ ды фиппайыс! ’— Уым диссагæй ницы ис, мæ хъæбул. Лæг куы райгуыры, уæд ын ^уыцау йæ мæлæты хай дæр йемæ сфæлдисы. Æнæмæлæт цард нæ фидауы. Æмбазыг йæхи сивæзта, сиучы рагъыл йæ риуæй æрынцад æмæ уæлмæрды ыогамад хъæдын дзуæртты æрттывдмæ ныккаст хъæрццы- гъайау. — Дур-чъыры сахар чи самадта, уый дæр, æвæццæгæн, хуыцау уыд. Фыццаг мæсыг дзы куы суагъта, уæд ын йемæ йæ мæлæт дæр сфæл- дыста æмæ цæры ауал æнусы уыцы бæдæйнаг немæ фæрсæй-фæрстæм. 29
Æвæццæгæн æй мидæгæй цыдæр асыгъта, йе ’нцъылд къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акодта Азхынцæг. — Ауал æнусы дæргъы нæ туг уыцы бæдæйнагæй тыхджындæр ра- зынд, мæ хъæбул. Нырæй фæстæмæ дæр нæ хуыцау æмæ Уастырджи сæ хъусдардæй не сцух кæндзысты. — Дæ фарн æй зæгъæд! — Æрбаппæрста йæ дзырд Куырдалæгон. Æмбазыг йæ цæстæнгас хъахъхъæнæн сисы мидæггаг тигъыл ахас- та, Цохъ цы хъоргæй ахъуызыд, ууыл ын асалд. . — Мæрдты рухсаг уæд йæ саразæг, искуы дзы ахъуызæн хуыкком уæддæр куы скодтаид! — Нæ дзы скодта, фæлæ Цохъæн нæ фæзын ис хъоргъæй ахъуы- зын. — Фелхыскъ кодта Борæты Кæфци. — Сауассæйы хуызæн къæпдзыхты фыдæй цыфæнды фидар сæтгæ кæны. — Иæ дзых ын ахгæдта Цæра. — Мардæй æвзæр нæ фæдзурынц!.. — Уæ мукъутæ ныммыр кæнут! — фæхъызыд сæм Куырдалæгон. — Уæ холытæ мын къæдзæхæй ма фæкалын кæнут. — Кæд ныл, Сауассæйау, стъалытæм кæсгæйæ, хуыссæг нæ бафта, уæд нæ сахары ахъуызæн хуыккæмттæ ницæмæн хъæуы. — Ды дæр дæ куысыфтæгмæ бауадз, — фессæста Цæрамæ куырд, — Сауассæ аивгъуыдта, ахъуызæн хуыккæмттæ куынæ хъуыд, уый дæр анвгъуыдта. Ногъай нæдæр Тула-Бугъа уыд æмæ нæдæр Яшлау. Дур-чъыры са- хармæ æппæты стырдæр тыхæвзарæн каст. Ууыл уыд Æмбазыгæн йæ сагъæс æмæ йе ’нтъыснæг хъуыдытæ дæр уымæй цыдысты. Æнтъухы æмæ æнтъухы сахар уыцы уаргъ æдзух йе ’ккой.. Бахтиярийы хæстæй уьтцы адзал сау нымæтты тыхтæй æрбахаста. Цæрайы лæгъз хъæлæс æй фæхиицæн кодта йæ хъуыдытæй. — Дис кæнын, нæ фыд. Цæмæн ма æрбауагътам Цыкалайы нарæ- гæй Яшлауы? Куынæ йæ æрбауагътаиккам, уæд нын еныр Ногъайы хæ- рæфырты хабар сагъæссаг нал уаид. — Æмæ дæм куыд кæсы: Æмбазыг Цыкалайы куы слæууыдаид, уæд йæ чъылдым тынг фидар уыдаид?.. Хъипчахътæ æмæ печенегтæ сæ къæ- дзилтæ куы тилынц, æрмахуыр куыйтау, стыр хицауы раз! Бамыр сты, цæргæсты цъæхахст хъуыст тыгъдадæй. Бæрзæйцæф æрбацыд æмæ загъта: — Фæтæг, Майрамададжы, дæллаг кæрон монгъолты минæвар æн- хъæлмæ кæсы. ч Фæджихау сты. Æмбазыг йæ зæрдæйы хæрам суагъта: — О, æгас цæуæд стыр Эмир-и-туманы кадджын хæрæфырт Акта- джийы минæвар!.. Кæцы сæ у, ницы йын базыдтат? — Цавæрдæр Мунджук æй .хонынц. — Актаджийы фыдыфыд!.. Цæра, ныццу уазджыты размæ æмæ сæ æрбахынц. — Сæ цæстытæ-иу сын бабæттон, æви?.. Лæууыдысты хъилдуртау æмæ Æмбазыджы ■ дзуапмæ æнхъæлмæ кастысты. — Нæ, стыр цытимæ сæ æрбахон. — Загъта сур хъæлæсæй æмæ йæ сæрмæ цы мæсыггæс лæууыд, уымæ адзырдта: — Ды сыкъайæ фæдисы цагъд ныккæн! Сыкъайы уасынмæ фæйнæрдыгæй фистæг хæстонтæ ракалдысты æмæ ныхасы фæзмæ лыгъдысты, Цæра куы ахызт, уæд Борæты Кæфци фырмæстæй ныкъкъæс-къæс кодта. — Æмбазыг, Бахтиярийæ куы æрбаздæхтыстæм, уæдæйнырмæ иу хабарыл дис кæнын æмæ мын мæ дзырдæн дзырд ссар, кæннод ныртæк- кæ де ’вæндон ми бакæндзынæн. — Цыма Кæфцийæн йæ разы аххосджын æмæ фыдгæнæг лæууы, ахæм æнгæс ын нæй, нæ фыд? 30
Æцæгдæр йе ’нгæс хорзмæ нæ амыдта. — Уый уаДз, Æмбазыг, фæлæ ма мын зæгъ: Стæры куы цыдыстæм^. уæд Цохъы дзæмбытыл хъадаман сæвæрдтам? — Æмæ йæ дæхæдæг нæ хъуыды кæныс? — Хъипчахъты дзæмбытыл рæхыстæ. æз уе ’рбацыдмæ куы сæвæрд- тон! — Бафиппайдта Куырдалæгон. Азхынцæг æндзыгæй каст æртæ гуыппырсары цæсгæмттæм. — Хорз!.. Æнæрис, дæ арæзт хъадамантæн, æпхъæл дæн, сæрмагонд. дæгъæлтæ ис! — Ис. — Æмæ Цохъы хъадаман дæгъæлæй нæ сæхгæдтай? — Уæдæ йæ цы кодтон! — Ныддис кодта куырд. — Æмбазыг, мæ дзырдæн мын дзырд ссар æмæ æрсабыр уон. Сау- ассæ ’хъоргъы дуар дон бадæттыны сæраппонд ба’кодта, фæлæ Цохъы хъадаманы гуыдыр та цæмæн бакодта?.. Цæмæй цъаммар хъипчахъа- джы дзæмбытæ суагътаид æмæ йæ йæхи кардæй ныргæвстаид?.. Æдæг аххосджынау лæууыд Æмбазыг æмæ йæ дзыхæй сыбыртт нал хаудта. — Уыцы фарст Кæфщийы æрбадыдмæ æз дæр мæ зæрдæйы фæхас- тон. — Дзуры тызмæгæй куырд. Ууыл ахъуыды кæныны фадат ын нал фæцис æмæ йæ ныр сыгъта, сыгъта. — Æвæццæгæн, мæсгуыты хицау стæры куы цыд, уæд дæгъæлтæ- Сауассæмæ радта! — Æмæ йæм сæ иууыл радта? — Цæхгæр афарста Кæфци. — Уый нын Сауассæйы йеддæмæ ничи зæгъид, фæлæ ам нал ис. — Зæгъы Азхынцæг, Æмбазыгмæ æдзынæгæй кæсгæйæ. — Кæд сæ иууыл радта, уæд Сауассæйæн йæ тæригъæд йæхи, кæннод!.. — Кæннод дæр хъадаманы дæгъæлæй цы хъавыд Сауассæ, кæд цыфæнды уавæрты дæр мæсгуыты хидауы дзыппы хъуамæ уа, уæд? — Куырды хъуыды баххæст кодта Кæфци æмæ йæ дзыппæй чысыл дæ- гъæл систа. — Кæмæйдæр фыртагъдæй мæнæ уыцы дæгъæл æфснайыны фæтк ферох. Ацæуыны агъоммæ дзы хъипчахъаджы дзæмбытæ суагъта æмæ йæ хъадаманы дæгъæлы хуынчъы ныууагъта сæрхъæн. Æвæццæгæн Куырдимæ сæ дзырд развæлгъау сиу кодтой: — Сауассæ дон бахаста Цохъæн. Дуар куы бакодта, уæд йæ дзæм- бытæ уæгъд уыдысты куыдзæн!.. Еныр æй куы бафæрсиккам, уæд æй Сауассæйы æфсон фæкæнид. Зæгъид, уыцы сæнтдаæфæн йæ хъуыдытæ стъалытæ ахастой æмæ цы арæзта, уый нæ зУдта, зæгъгæ. — Æмбазыг, æз цæуын æмæ Мунджукимæ иумæ, гуыдыры хуын- чъы дæгъæл чи ныууагъта, уый дæр хъоргъы ныппардзынæн. Уадз æмæ Дур-чъыр æрдомæд дзуапп Сауассæйы рæстаг уды тыххæй. — Сауассæ, Зæрæда æм,æ... Саукуыдзы рæстаг удты тыххæй. Æмбазыгæй цыдæр ныскъуыд æмæ йæ уд йæ хъуырмæ стылд. Кæфци Азхынцæгæй хатыр ракуырдта æмæ фæцæйцыд. — Фæлæу! — Фæхъæр ыл кодта Æмбазыг. — Нырма уал ныххнзут уæ дыууæ æмæ чысыл кулдуарæй суанг сæйраг мæсыджы онг лæппуты дыууæ рæнхъыл ныррæгъ кæнут. Мунджукæн, се ’хсæнты цæугæйæ, йæ цæстытæ æмæ йæ хæмхудтæ танхъатæ, згъæрхызты æрттывды йед- дæмæ куынницыуал схæца!.. Стæй уый нæ аирвæздзæн... Куы загътам, Дур-чъырæй æддæмæ ахъуызæн хуыкком нæй. — Уый дæр загътам: æххуысгæнæг уæвгæйæ дзы фæзыны. у—"Æмæ æз дæр уый куы зæгъын: уый ныппардзынæ хъоргъы, фæлæ йе ’ххуысгæнæг æддейæ куы баззайа, уæд куыд кæныс!.. — Фæтæг, иу рæдыд æруагътам, дыккаг хатт куьт фæрæдийæм, уæд нын хуыцау нæ ныббардзæн. 31
Дыу.уæ сиукыл фæйнæрдæм йæ къухтæ айтыгъта Æмбазыг, тар- .дзæсгомæй каст. Азхынцæгмæ дзуарæфтыд Чыр,ыстийы хуызæн фæкаст ныртæккæ. . — Иу рæдыд зæгъыс?.. Æмæ дæ Саукуыдзы рæдыд ферох ис? — ’фæкодта фæтæг. — Кæд нæ еныры æнхъæлцау раст у, уæд Саукуыдзы тæригъæд нæ цотæн дæр у фаг. — Кæфщшæ кæсгæйæ, загъта Азхынцæг. — Чи зоны, уыцы æхсæв Цохъ æмæ Сауассæйы æхсæн æндæр исчи •лæууыд, уæд ма Саукуыдзы тæригъæдмæ йе ’фсымæры тæригъæд дæр бафтауæм?. — Хорз, дæ дзырд фæуæд, фæлæ ма ферох кæн: ацы дæгъæлы æрхæсгæ тæригъæды иу хай Цохъæн йæ куыдзы удæй бафидын кодта... -Мах Уастырджи кæй хонæм, уый. Ие ’ннæ хай ам ис, Дур-чъыры сис- ты мидæг æмбæхст æмæ йæ куынæ бафидын кæнæм, уæд мæрдты бæс- ты не ’нтъухинаг фæуыдзысты уый дæр, Сауассæ æмæ Саукуыдзы удты тæригъæд дæр... Бахтиярийæ æрхæсгæ сау тыхдæтты тæригъæд дæр.,— Загъта Кæфци æмæ^Куырдимæ асиныл, нæзæгъинæгтау, фæдæлæмæ сты. Сыкъайы фæдисы уаст Мунджукы зæрдæйыл сæрдæнау ныдзæвд, туымсæджыты гыбар-гыбур ын йæ туг змæста. Иæ фæйнæфарс алайнаг хæстонтæ дыууæ рæнхъæй, систау, схъил сты, атлас уæлæфтауæны фæччитæ сæ зæнгæйттыл ныдзæвдысты æмæ йæ цæсты зул се згъæрты æрттывдыл дыдагъ кодта. Танхъаты цыргъ цъуппыты аууæттæ йæ цæс- тыты ныхстысты æмæ йæм æддейæ ницы зынд. Иу нарæг гæрз ын ’схай кодтой цæуынæн, йæ рæмбыныкъæдзтæ фæйнæрдыгæй згъæртыл ны- ’ дзæвдысты. Эмир Алтыбарс йæ фæдыл цыд, уый фæстæ — ноджы æртæ фæсдзæуины. Айнæджы нарæг уаццагыл сцæйцыд уæлæмæ æмæ хъуыды кодта: «сау хæцъилы бæсты мын мæ цæстытыл дыууæ удæгас сисы -сæвæрдтой ацы æлгъыстæгтæ. Уый нæ зæрдæйæн æхцон нæу!» Джип- парæзт асиныл сцæйцæугæйæ, Мунджукы удыл æбæлвырддзинад суæ- лæхох: «Кæд ордæйы стыр минæвары æгад кодтой, уæд ма утæппæт •сыкъаты уасын æмæ гуымсджыты гыбар-гыбур цы у». Тæрхоны уатмæ бахызтысты, сисдзæфтæй хуры тынтæ, æрцытау, æрбаныхстысты. Дыууæ рæнхъыл æвæрд æртыкъахыг бандæттыл гуы- миртау бадæг зæронд лæгтæ фестадысты æмæ йын сæ сæртæй акуыв- той. Æгас цæуæд нæ уазæг. — Алайнагау загъта дæргъбоцъоджын зæ- ронд лæг. Мунджук алыгъуызон хæцæнгарзæй фæлыст къултæ æры- ’сгæрста æмæ йæ цæстæнгас къонайыл уæлвонг æвæрд афтид къæлæт- джыныл андæгъд. Гуымиртæ йæм кастысты къултæй, цæджындзтыл •сагъд саджы сыкъаты цъуппытæй, къæлæтджыны тигътæ æмæ чъыл- дымæй. Афтид къæлæтджынæй нæ иста йæ цæст. Иæ фæстаг къæхты цъуппытыл дзæбидыртæ хъен слæууыдысты æмæ уæлйау сæ сытæ кæ- рæДзийыл ныдзæвдысты. Æвæццæгæн уыцы кады бынат мæнæн æр- цæттæ кодтой, зæгъгæ, фенхъæлдта æмæ йæ фæвдаг уыцырдæм систа. Матæрсы уæлхъуслæууæг гуыппырсар йæ разы схънла, йæ сæрæй йын акуывта, рахизфарс æвæрд афтид бандаэттæм амонгæйæ. Анымадта сæ, фондз уыдысты алайнаг орнаменттæй фæлыст бандæттæ. Мунджук йæ галиу къах рахиз къахы фæстæты систа æмæ йын йæ фындз къæлæтджыны æрбадæны тигъмæ фæбыцæу кодта. Иæ^къæлæт- тыл æнцайгæйæ, йæ буар уæлæмæ систа, йе ’ннæ къах дæр йæ быны бакодта æмæ къæлæтджыныл тымбылцъæгæй æрбадт. Иннæтæ дæр уый бафæзмыдтой. Матæрс гæзæмæ йæ мидбылты бахудт. Туаг æхсыры тæф æмæ сæнары æнуд сымаг æрбахастой монгъол- 32
’Рæ семæ. ймир Алтыб’арс йæ ц&сты'т&, мустæлæпау, рауадз-бауадз кйд- та къуымты. Мунджук йæ къух йæ хæлафы комы нытътъыста æмæ уат йæ ныхты хыртт-хырттæй айдзаг. Афтид къæлæтджынмæ хингондау каст: «Æвæццæгæн, аланты фæтæг ам нæма ис!» Азхынцæджы къæ- рис цæсгом æмæ йæ сау дарæсмæ кæсгæйæ, бынтон схæццæ сты йæ хъуыдытæ: «Уый, æвæццæгæн, аланты сæйраг шаман у». — Борыхъ, нæ уазджытæм сæхирдыгонау дзурæм, ^æви семæ тæл- мац ис? — Фæрсы Матæрс. «Уый, æвæццæгæн, аланты фæтæгæн йæ «зонд у!» — Матæрсы хъæ- лæс фехъусгæйæ, ферттывта Мунджукы сæры. Кæронæй рыгъдæйба- дæг цагъармæ авнæлдта æмæ йын йæ хъус райвæзта: — Зæгъ аланты фæтæджы «зондæн»: Ме ’взаг, мæ хъус æмæ мæ .цæст ды дæ. Т-æЛ’Мац йæ зонгуытыл лæууын æмæ куыдзау уæлæмæ кæсыныл уыд ахуыр. Къæлæтджыны бæсты йæ быны сындзытæ æнкъардта. Къæ- лæтджыныл тæлфгæ, й,æ хицауы фæндон ратæлмад кодта фысымтæн. Астæуæй æртыкъахыг фынг æрæвæрдтой, йæ уæлæ февзæрд дзадж- джын хæбизджынтæ, тæвд фыдызгъæл, æхсыр æмæ мыды мидæг æнæ- хъæнæй фых уæрыччытæ. Мунджук -æмæ Алтыбарс сæ -былтæ астæрд- той. Уы’рдыгыстджытæ æртæ сыкъайы байдз.аг кодтой ронгæй, æмæ сæ Матæрс, Мунджук.æмæ Азхынцæгмæ радтой. Сыстадысты се ’ппæт дæр, __ монгъолты йеддæмæ. — Борыхъ, скув, хуыцаумæ дæ куывд хуыздæр хъуысы. — Баха- тыд Матæрс. — Хуыцау дын дæ бартæ макуы байсæд. — Хуыцауæн нæ уæддæр бафæдзæхс. Мунджук кувынмæ нæ банхъæлмæ каст. Иæ сыкъа анызта, афтид дзаггарз, æхсыд стæгау, иуæрдæм аппæрста. Иæ кæрцы дæлфæдджийæ кард сласта æмæ йæ æхсырыфых уæрыччы фæхсыны ныссагъта. Аз- хынцæг йедзаг сыкъа Æмбазыгмæ радта, йæ къухтæ кæрæдзийыл ны- хæстæй, йæ роцъойы æмдзалх скæнгæйæ, цъынд цæстытæ хуыцаумæ сарæзта: — О, нæ уæларвон фыд, не сфæлдисæг! Сыгъдæг уæд дæ ном тъы- мы-тъымамæ æмæ нæ удты мидæг æнус-æнустæм судзæд дæ сыгъдæг амынд. Уæлакиз уæд дæ амынд зæххыл æмæ уæларвыл, макуы нын байс нæ удты аходæн къæбæр. О, хуыцау, кæд нæ рæдыдæй нæ удтыл исты æбуалгъы хæстæ сæвæрæм, уæд нын сæ ныббар ’æмæ нæ ног рæ- дыдæй хъахъхъæн æмæ нæ хæйрæджыты фæндиаг ма фæкæн. Хуы- цау, рухс бынат схай кæн, Бахтиярийы æнустæм цы æвддæс æмæ æртис- сæдз цагъары бафынæй, уыдонæн æмæ сын ныббар, кæд æнæбары ис- ты тæригъæды бацыдысты, уæд, æмæ сын рухс бынат радт, дæ тыХ æмæ дæ ном цы хæтæнты нæры, уым. Оммен! — Оммен! — Ныннæрыд хатæн. Мунджук фысы он йæ дзыхы бакодта, афтæмæй дзы æрцамадта кæрдих. — Цы загъта аланты шаман? — Фæрсы тæлмады. — О, Саин-ханы улусы рæбинаг цæджындзы æндæрг æмæ иунæг хуыцауы дæсты гагуы! Бахтиярийы хæсты стыр Эмир-и-туманы рухс фæндоныл йæ сæр чи æрхаста, уыдонæн сæ удтæ хуыцауæн ба- фæдзæхста аланты шаман. Се ’ппæты? — Фæхсыны сой йæ боцъотæй йæ фæдджимæ æртагъд. Тæлмац æй нæ бамбæрста æмæ йæм гæдыйау скаст. — Се ’ппæты удтæ бафæдзæхста аланты шаман? — Хуыцау зоны, удты бæсты рухс бынат кæмæн радта, уый, — Дзуапп ын радта Азхынцæг. Мунджук фæхсыны сой йæ армы дзыхъмæ æиолæмæрста æмæ йæ 3 «Фидиуæг» № 3. 33
асыллыпй кодта.у Йæ дæндæгтк къæрцц-къæрццыл зынд, æхцон ьш кæй нæ уыд «аланты шаманы» дзуапп. — Стыр Эмир-и-туман Ногъайæн æхцон уыд Бахтиярийы рузиктæ æмæ ал&нты хибар хæст. — Æууилгæ æмæ цъæм-цъæмгæнгæ, загъта уый. Матæрс фенкъардта: минæвар дзырд «хибарæн» сæрмагонд ныса- ниуæг кæй радта. — Алантæ сæ сæрмæ худинаг никуы æрхастой. Уый стыр Эмир-и- туман федта Бахтиярийы йæхи цæстæй. Мунджук онæй даргъ кæрдих æрцамадта, карды бырыякъæй йыл уæлæмæ схæцыд, йæ кæрон ын йæ дзыхмæ æруагъта æмæ йæ цадæггай, тымбылгæнгæ, аныгуз кодта. Йæ рус ракъуыпп, афтæмæй зæгъы: — Хъырымы дæр æй уыны хистæр акайы æппæтуынæг цæст! Алан- ты фæтæджы йеддæмæ Хъырымы адæмтæ иууыл æрбацыдысты Кафумæ æмæ Актаджи-огъулмæ сæ зæрдæты хъарм æрбахастой. * Эмир Алтыбарс сбухъ кодта æмæ йæ къухты сой йæ кæрцыл асæрфта. — Хистæр ака йæ цæст æмæ хъус Актаджи-огъулæн радта æмæ йын бафæдзæхста: æркæс Хъырыммæ мæ цæстæй, байхъус æм мæ хъусæй æмæ йæ хицауæй чи цас дары, уьгй фæстаг дирхемы онг мæ зæрдæйы тæрæзтыл сбар. — Мунджукы шамантимæ дзурын нæ фæнды. Мунджукы аланты нойонимæ дзурын фæнды. — Цæхгæр загъта минæвары сæргъ æмæ йе ’ртæтигъон цæсгом ноджы ныццыргъ ис. — Аланты нойон мæнæ лæууы æмæ йæ кадджын уазджытæм хъу- сы. — Иæ уæлхъуслæууæгмæ йын ацамыдта Азхынцæг. Йе ’фсæртæ андзыг сты, тæнæг былтæй бур-бурид дæндæгтæ разын- дысты. Стæй йе ’фсæртæ ногæй скуыстой, куыройы фыдтау, æмæ хатæн уазджыты сым-сымæй байдзаг. — Цæмæн дзурынц Мунджукмæ аланты нойоны разæй шамантæ æмæ дæмæн лæууы йæхæдæг хуымæтæджы хъараджуйау фæстиау? — Ам тæрхон у æмæ йæм, йæ кармæ гæсгæ ныхас нæм.а æрхауд- та. — Мунджукы р.азмæ дзидзайæ йедзаг æлыг кæхц бассыдта Ма- тæрс. Мунджукы афтид сыкъа уырдыгыстæг ацахста. Лæппуйæн йæ цæсгом асырх, фæлæ йæ Азхынцæг фæфиппайдта: — Сыкъа байдзаг кæн, мæ хъæбул, æмæ йæуазæгмæ ратт! Фæстаг комдзаг стыдта онæй, кувинаг æртæ чъирийы сæрмæ йæ сæтæйудæст стæг баппæрста Мунджук. — Хистæр ака тыхсы. — Цæуыл ма тыхсы, Бахтиярийы фæстæ йæ дзырддæгтæ абæстыл конд куы фесты, уæд? — Фæрсы йæ Азхынцæг. — Хæстонæн æлуфс куынæ радта, уæд ма йемæ чи рацæудзæн ка- кон сындз тонынмæ. Актаджи-огъул тыхсы, æгоммæгæстимæ дзурын æй кæй блхъæудзæн, ууыл. ’Азхынцæг фæтæгмæ скаст, дзырд дæум,æ æрлаудта, зæгъгæ. Æм- базыг Мунджукы армы ронгæй йедзаг сыкъа ныссагъта. — Алантæ сæ хæс Бахтиярийы хæсты бафыстой, ныккæс ма дæлæ нæ уæлмæрдмæ! — Даругъ Актаджи-огъулы къæхты бынтæ стæрдта æмæ хъаст кодта: алантæ ссæдз мин сомы дарынц, фæлæ иу гяз хъисын дæр нæ дæттынц, зæгъгæ. Ссæдз мин сомы ницæмæ дары Актаджи-огъул, аланты нойоны йæ цæстæй кæй нæ уыны æмæ ног хæстытыл йемæ чы- сыл курильтайы кæй нæ бады, ууыл хъыг кæны. — Иæхи схъынцъымгæ- нæг кодта Мунджук. — Уыцы ссæдз мин сомы кæйдæрты фыдæй хуры фырты сусæгæй Мысыр-Солтаны дзыппы атæлфыдысты. — Аивæй загъта Æмбазыг. 34
Змир Алтыбарс йе ’взаг бац1ыкк-цъыкк КбД’Гй: — Нцъы, нцъы, нцъы!.. Нырма цас какон сындз баззад тонинаг* хистæр акайæн! Ногъайæн йæхи алантæм нæма æрæвдæлд бæстон. Итилы фурды атлгъаты Тохта йæхи ног хæстмæ цæттæ кодта æмæ йæ хъус уымæ дардта зæронд фæранк. Стæй йын Бахтиярийы чи баххуыс кодта æмæ Менгу-Темыры фырты æфоады æмбис чи ныддæрæн кодта, уыдоны ныхмæ æргом рацæуын нырм-а пайда нæ уы<д. Иæ хæрæфырты уымæн æрбарвыста, цæмæй Хъырымы æдзух йæ зæвæты бын дардтаид æмæ йын райсом ногæй æнæсхæцгæ цы Тохтаимæ нæ уыд, уымæ ма аивыл- даид. Фæлæ бæллæх уый уыд, Актаджийы: архайды цыргъ зонд æмæ бæрц бахъахъхъæныны хынцыиад кæй нæ уыд. Æмбазыг хатыд: Акта- джи æмæ нойон аргъуц куынæ кодтаиккой, уæд Мунджукы бæсты сæ- хæдæг æрбацыдаиккой æдхотых, уымæн æмæ хотыхы йеддæмæ минæ- вæрттæ æрвитын сæ. сæрмæ нæ хастой монгъолты хицæуттæ. — Саин-ханы улусы ныфсы цырагъ Актаджи-огъулы йæхи хъусæй фæнды аланты нойонмæ байхъусын æм.æ йемæ хъуымызæй йедзаг пиа- лайы уæлхъус бадын. — Лæгъз хъæлæсæй загъта минæварады сæргъ. Алтыбарс йе ’нæхау уæлтъыфылтыл й.æ къуыпп ныхырдæм схæцыд æмæ дзургæ-дзурын йæ русты фыдтæ базмæлыдысты. — Актаджи-огъул æмæ аланты нойон юрты арты фарсмæ бауынаф- фæ кæндзысты, æгоммæгæс чи у æмæ йæ цонг сцыбыр кæнын кæмæн хъæуы, ууыл. Гъихъ! — Сбухъ кодта уый. Гъе, уый уыд сагъæссаг! Алантæ æмызмæлд бакодтой æмæ иудзæв- гар ницыуал загътой. Цæмæ йæм сидтис æмæ йемæ хъуымыз куыд нуæзтаид, уый гуырысхойаг нæ уыд. Ныццæуа? — удæгасæй нал раир- вæзтаид уырдыгæй! Ма ныццæуа? — йæхæдæг æрбацæудзæн Актаджи æмæ ма йемæ зæронд рувас Яшлауы дæр æрбакæндзæн. Æмæ куы ныццæуа, уæд алантæ сæ сахаримæ фервæздзысты? Гъа-да-гъа!.. Уæд иу лæджы сæр цы у, æгас адæмы цæрæнбонимæ абаргæйæ! — Актаджи-огъулы сидт мын æхцон у, фæлæ цы зæгъдзæн хистæр ака йæхæдæг, Узийы атагъаты Саин-ханы улусы знæгтимæ йæ тых куы æвзара æмæ мах та Кафуйы хъуымыз нуазыныл куы схæцæм, уæд. — Мунджук æмæ Алтыбарс хистæр акайы фæндон æрбахастой аланты фæтæгмæ. Гъихъ! Фæстаг хатт ма бафæлвæрдта Æмбазыг: — Фондз боны размæ хистæр ака фидиуæг æрбарвыста Дур-чъыр- мæ æмæ нæм сиды: хъуымыз нуазын фæуадзут æмæ Саин-ханы рухс фæндаджы какон сындзытæ тонынмæ рацæут, зæгъгæ. Мунджук ронг цъирын фæуагъта æмæ йæ цæстытæ сæрттыв- той. — Якши, якши! Раст зæгъы аланты нойон! Кафурмæ дæр æрбацыд йæ фидиуæг æмæ бæрæг æрбахаста: аданты нойон æмæ Актаджи-огъул иумæ рацæуæнт, зæгъы Саин-ханы улусы рæбинаг цæджындз. Смолен- скы нойоны дæр баййæфта хистæр акайы сидт сахълæбты сæйраг са- хар Киевы цур. «Уый та ног хæст у, фæлæ уал уæдмæ сохъыр йæ хъуымызбыл хæрæфырты къухæй Æмбазыджы сæр акъуырынмæ хъавы! Уый дын осæдз мин сомы фиддæн!» — Хъуыды кæны Азхындæг æмæ хъæрæй зæгъы: — Аланты нойоны ацæуыны хабар аланты курильтай аскъуыддзаг кæндзæн. Мунджук карды бырынкъæй йæ дæндаг асхъаудта. § : — Мунджук æмæ эмир Алтыбарс, хур хохы хъæбысы куы ба-мбæх- са» уæд бахæццæ уыдзысты Кацумæ. Цалынмæ хур ногæй райхъал уа æмæ ныл арвастæуæй йæ цæхæрты зæй рауадза, уалынмæ æнхъæлмæ 35
Кæсдзæн Актаджи аланты нойонмæ. Кæннод йæхæдæг æрбацæудзæн йæ кæстæр æфсымæртæм. — Загъта æмæ йæ къæхтæ къæлæтджынæй дæ- лæмæ æруагъта. Афардæг сты, се ’ртхъирæн аланты сяхары ныууагътой минæвæрттæ. О, талынг æхсæвтæ, кæм ис уæ кæрон! III. СЫЛЫСТÆДЖЫ УЫНАФФÆ ÆМÆ ЦЫРÆГЪТЫ ТАУРÆГЪ Сылыстæг æрдæгрæстдзинадыл нæ хъæцы. Уымæн ратт цырагъау сыгъдæг æмæ йæхи дзидзийы хуыппау тайæн рæстдзинад. Æмбазыг Борæты Кæфцийы гуырысхо йæ мадæн нæ басусæг код- та. Дзераосæ астæуарты рæхысмæ бавнæлдта æмæ йыл ныххæцыд, аф- тæмæй загъта: — Сомы кæнын мæнæ уымæй!.. Ды куы уаис хъипчахъаджы хæр- зиуæггæнæг, уæд дæуыл дæр нæ бацуардин!.. Æркъуырæд мæ мæнæ уый азар, кæд раст нæ зæгъын! — Нана!— Фæджихау Æмбазыг, уымæн æмæ, рæхысыл хæцгæйæ, сомы кæнын æр’мæст тудждокынтæн уыд фыст. — Цъæхилтæ нæ кали- наг хъуамæ фæуой къæдзæхæй? — Рæстдзинад Цъæхилтырдыгæй куы уаид, уæд дæуæй еныр цы домын, уый уыдонæй дæр æрдомин, мæ хъæбул!.. Раджьг з,агътон: уы- цы мæгуыр дæр Цъæхилтæй уыд, фæлæ уый разы зылынджын стæм не ’ппæт дæр. Уый мæм мæ зæрдæ дзуры, мæ зæрдæ æмæ мæнæ цы дзидзитæ фæдадта, уыдон æй æнкъарынц. Зылынджын стæм, мæ хъæ- бул, æмæ йæ нæ ныббардзьгнæн, нæдæр дæуæн æмæ • нæдæр мæхи- цæн! — Ие тæрттæ хуыцаумæ суагъта æмæ стардзæгъдæн кодта: — Саукуыдзы æгуыдзæгдзинад мæхи æгуыдзæддзинад у. Кæд уый йæ адæмыл хæрамæй радыд æмæ сæ ауæй кодта, уæд уый бæсты мæ дзи- дзи куыйтæ хъуамæ фæхæрой... Уый Цъæхилты æмæ Фарнаты тох нæу, рæстдзинад æмæ хæрамы хъуыргъуыцдæг у. — Рæстдзинад æмæ хæрамы хъуыргъуындæджы амæттаг фæцис Саукуыдз!.. Дæхæдæг æй куы загътай, нана! Миййаг та еныр дæр!.. — Адаам æнæраст не сты, фендзысты йæ, кæд раст у, уæд. — Иеуæд дæр æнхъæлдтам, федтам æй, зæгъгæ!.. Æниу ын нырма бæлвырдæй чи цы зоны! — Иеуæд дæр кæд уьгй бакодта уыцы рæстдзинад йæ фæсдымæг æмæ йæ уымæн нæ федтам, мæ хъæбул. — Æз ма цæмæдæр æнхъæлмæ кæсын. — Цæмæ? — Зæрæдайы рангæсмæ!.. Мæ зæрдæ мæм дзуры, Зæрæда нæ цæс- тæй ракæсын кæндзæн. Ус фестъæлфыд æм’æ, дзедзыройгæнгæ, бандон бацагуырдта. — О, дæ сæрыл мæ æрхæссай, Æмбазыг! * Уымæ мæхæдæг дæр рагæй æнхъæлмæ кæсын, фæлæ ма дæхицæн баззад æнхъæлмæкæсыны рæстæг? — Нæ аирвæздзæн, æдзух æм нæ цæст дардзыстæм. — Уымæй нæ зæгъын, нæ!.. Дæхицæй дын зæгъын. Цы бауынаффæ кодтат Кафумæ ныццæуыны тыххæй? Æмбазыг фестад æмæ Дзерассæйы къæхты цур æрбадт. — Нана, мæт ма кæн, нæ уьгдзæн райсом балц. Рæбынæй бадтис, йæ сæр къулыл банцой кодта æмæ цармæ каст. Стæй йæ фьгрты сæр æрдаудта, йæ риумæ йæ балхъывта æмæ скуыдта. — Дур-чъыр нæ хъахъхъæнæг дæр у æмæ... нæ марды чырьш дæр.—Æмбазыг базмæлыд, фæлæ йæ Дзерассæ не суагъта. — Кæй бон у иудадзыг марды чырынъг уæвын!.. Уæдта иу афæдз, иу æрдæг 36
афæдз, иу мæй æдасæй рацæр æмæ дæ уды гæв-гæв ма цæуæд, а-ныр. æрбалæбурдзысты дыууæ кулдуарæй æмткæй. Бирæ нæ домын хуыца- уæй: иу афæдз æдасæй рацæрын æмæ уыцы мæгуыр чызджы æнæниз- дзинад... Нæ мæ хъæуы йе ’взаг, æрмæст æнæниз æмæ уарынхъом уæд... — Комкоммæ йын йæ хъусы сусу-бусу кодта æмæ Æмбазыгæн йæ зæрдæ сыгъта уыцы сонт сусу-бусу.— Æз уæ уайтагъд Борыхъы раз балæууын кæнин æмæ йын зæгъин: ау, Ф(арнаты мыггаг цы гæнæг у хуьгцауы раз æмæ æвæстагæй цæмæн хъуамæ баззайой?!. Кæм ис уыцы амонд! Нæ тæригъæдджын удтæн рухсгæнæг дæр нæй æмæ нын зындоны хъуамæ хитой... Хъуыстон уын уæ тæрхонмæ мæ уатæй æмæ сыгътæн, сыгътæн, мæ хъæбул. Ау, аххосаг æмæ æнæаххосадж.ы аргъ æдзух нæлгоймаджы сæры аргъæй хъуамæ æрцæуа фыст? Уæдæ ма сылыстæг та цы гæс у? Уыщы Актаджи сылыстæджы сæр нæ айсид? — Сыстад, йæ уатмæ фæцæйцæугæ, ныдздзынæзта: — Науæд райсом аф- тæ ничи з-æгъдзæн, Фарнатæ Дур-чъыры сахары аргъæй сæхицæн цæ- рæнбонтæ балхæдтой æмæ йæ фервæзыны сæраппонд сæ сæртæ нæ ра- уæлдай кодтой, зæгъгæ? Иæхиуыл дуар рахгæдта æмæ м.а йын Æмбазыг иудзæвгар йæ утæхсæн æмæ йæ дзыназынмæ фехъуыста. Иæхæдæг йæ бынаты бадгæ- йæ баззад æмæ йын йæ мады ныхæстæ сыгътой йæ зæрдæ, йæ уд, йæ сæры магъз: «Нæ тæригъæдджын удтæн рухсгæнæг дæр нæй æмæ нын зындоны хъуамæ хитой». Чидæр сисрæбынты йæ бæх ныскъæрдта, йæ цæфхæдты цъæхснаг къæрцц-къæрццæй æхсæвы талынг скъуыхтæ ис, а-фæстаг рæстæджы талынгæй тарст чысыл сабийау. «Мæ зонд куынæ схæццæ уаид!» — Змæлыд донласт хъуыды. Абон Мунджук йæ цæстытæ цы афтид къæлæтджынмæ ныццавта, уый цур тымбылцъæгæй бадтис, йæ размæ радгай цыдысты, Бахтияри- йæ Дур-чъырмæ сау нымæтты тыхтæй кæй фæхастой, уыдон: Цæхæр- цæст, Дæхци, Хъырым, Сабыр, Фату, Солтан, Дзæбидыр, Къæдзой, Сос- лан, Бидыр, Карду, Батрадз, Сагсур... Зъшгхуыстыты нымайын йæ бон нал бацис, йæ цæстытæ схъулæттæ сты, дыгай тальшг уæрмытæм кæс- гæйæ, æмæ йæ сæрмæ, кардау, ацауындзæг ис Дзерассæйы загъд: «Фар- натæ Дур-чъыры аргъæй сæхицæн цæрæнбонтæ балхæдтой...» Стæй та сахарæй ахъуызæн хуыккомы таурæ^гъ æрбалæууыд йæ зæрдыл. «Дур- чъыр нæ хъахъхъæнæг дæр у æмæ нæ марды чырын дæр». Иæ туг йæ сæрмæ скалд иууыл, дадзинтæ сафтид сты æмæ ’цæстыты раз хъомпал кæнын райдыдтой алыгъуььзон æндæрджытæ. «Мæ зонд куынæ схæццæ уаид! — Фæбогъ кæнынмæ хъавыд. —Чы- сыл мæ бауадзут, гадзрахатæн уал бафидын кæнон Саукуыдз, Зæрæда, Сауассæ æмæ мæхи уды тæригъæд!» «Фæтындз, фæтындз, фæтындз!» — Хъуысы йæм Зæрæдайы фæл- мæн сидт æмæ йын уьщы сидт йе -’ргъæвст уд тавы, фæлæ йæм йæхи- уыл схæцынæн фаг тых нал ис. Ие ’взаг йæ комы бахус, йæ бон Борæты Кæфцимæ фæсидын нал у: «Марадз, кулдуæрттæ сæхгæн, Цохъы чи ауагъта, уый йæхæдæг дæр фæхъуызы æмæ йæхицæн сусæг хуыкком ныууагъта!» «Фæтындз, фæтындз, фæтындз!» Ау, æмæ Зæрæда æгомыг куы бацис, уæд æм чи сиды? «Нæ мæ хъæуы йе ’взаг, æрмæст æнæниз æмæ арынхъом уæд». Чи бацыд сæ тæ- ригъæды, чи аргæвста Æмбазыг æмæ Зæрæдайы райгуыринаг зæнæджы йе лгъаг къухæй? Æуый ма уыд йæ кард, йе сулæфт, йæ зæрдæйы цавд. «Уый разы зылынджын стæм не ’ппæт дæр». Иæ цæссыгтæ рахъардтой, йæ уадултыл йæ къух æруадзыны фаг тых дæр æм нал базз&д. «Цæв æй, ма йæ ауадз!» — Ныййазалыд йæ хъусты æмæ йæхиуыл куы рахæцыд, уæд йæ тæккæ раз Саукуыдз слæууыд. Саукуыдз нæ, Саукуыдзы ^стæгдар. Йæ цаастыты къуырфыты г-агуытщ баесты дыууæ 37
цырагъы сыгъдис. Инджынау бацахст алфæмбылай, йæ уд æмæ йæ зæр- дæйы дыууæ фатау æрбаныхстысты дыууæ цырагъы рухсы. «Уегасæн дæр тæрхонгæнæг æз уыдзынæн æмæ зонут: зындоны æх- сидгæ куыдзæппарæнæй адджынд>æр нæу!» — Ныхъхъуыст æм стæгда- ры æфсæрты къæрвд-къæрцц. Иæ рахиз цонг цæхгæрмæ æрсæрфта, Саукуыдзы стæгдар иуварс аосонон, зæгъгæ. Къулæй цыдæр æрдавта, астæрдыл йæ дзыгъал-мы- гъул осыд. Йæ фыды танхъайы зæлланг базыдта, фæлæ уымæ бавна- лын æмæ къулыл бацауындзын дæр нæ бацис йæ бон æмæ судзаггаг цæссыгæй йедзаг цæстытæ куы бакодта, уæд йæ разы Дзерассæ дыууæ цырагъимæ лæууыд. — Нана! — Бахыр-хыр кодта удисæгау æмæ, чысыл сабийау, йæ цæнгтæ йæ мады уæрджытыл æрбатыхта. — Цом! Æмбазыг йæ ирвæзынгæнæгмæ скаст. — Кæдæм мæ кæныс, нана? Цырæгътæй йын иу йæ къухмæ радта: — Нæ уды уаргъ кæм фæрогдæр уа, уырдæм. Сабийау ын йæ къухыл ныххæцыд, талынг асиныл йæ разæй ных- хызт. Усæн йæ рахиз къухы цахæмдæр къаннæг тыхтон уыд. Ие ’нгуылдзтæй æртæ тыхтаны бæттæны атъыста, хистæр æмæ амонæн æн- гуылдзтæй та йын йæ сæрмæ цырагъ дардта. Сахар хуыосæджы утæхсæн кодта, цырагъы рухс хъуьина систыл рызтис. Дыргъджын комы къæдзæхæй стъæлфæнтæ схъиудтой æмæ дзы æфсæйнаджы къуырма зæлланг хъуыст. Аргъуаны дуар гом уыд, йæ хуылфæй дыдзы рухс калдис. Æмба- зыг алтары раз йæ зонгуытыллæууæг зæронд лæджы куы федта, уæд йæхи дæр æрфæндыд дзæнхъаиыл æрзоныгуыл кæнын æмæ кувын. Ма- дым^айрæмы фæлгонцы размæ зонылæй бацыдысты, кувæг сæм иодуг йæ хъус не ’рдардта. Мадымайрæм дæр цыма Дур-чъыры хъысмæтыл хъынцъым кодта. Къултыл зæдтæ куыдтой æмæ æхсæвы гæлæбутæ цы- рагъыл сæ базыртæ арыдтой. Дыдзы рухсмæ ноджы нынтъыгаæг ис æмæ уыцы æнтъыснæгдзинад Æмбазыджы зæрдæмæ дæр бахъуызыд. Æрмæст ын буды хæрздæф рогдæр кодта йæ сагъæсты уæз. Азхынцæг сыстад, йæ сау пæлæзы фæйлауæнмæ цырæгътæ барызтысты æмæ Ма- дымайрæмы æнтъыонæг цæсгом базмæлыд. Скуывта ноджы, æртæ æн- гуылдзæй сыл дзуар афтыдта æ’мæ фæлгонцмæ баздæхт лæугæйæ: — О, не сфæлдисæг, дæ иузæрдыг цагъарты кувинаг дын барст уæд! Дзерассæ тыхтон райхæлдта, фатыстæвдæн мыдадзын цырæгътæ Мадымайрæмы дæлфæдтæм æркалдта. Æмбазыг æм джихæй каст: — Кæмæн аразут удыбæстæ уый æппæт цырæгътæй? — Иу дæр дзы уæлдай нæй, се ’ппæтыл дæр ном сæвæрдтон. — Зæ- гъы ус æмæ цырæгътæй иу ссыгъта, Азхынцæгмæ йæ радта: — Уый Цæ- хæрцæстæн! Хуыцауы минæвар æй æрхуы шандалыл басагъта æмæ лæхстæ- гæнджытыл дзуæрттæ бафтыдта: — О, хуыцау, айс дæ иузæрдыг цагъарты кувинаг æмæ рухсы ба- дын кæн Цæхæрцæсты! — Цæхæрцæсты! — Ризгæ хъæлæсæй загъта Æмбазыг. ’1- Дæхцийæн! — Дæхци рухсы бадæд! — Фатуйæн! — Ф,атуйы удæн удты бæсты рухс бынат схай кæн! — Батрадзæн! — Сагсурæн! Æвддæс æмæ æртиссæдз цырагъы ссыгътой, æстдæс æмæ ^æртиссæ- дзæн дæтты ус. 38
— Чи ма дын баззад, Дзерассæ? — Саукуыдзæн. — Чысыл бакъуылымпы ис, фæлæ йæ басагъта: — О, стыр хуыцау, Саукуыдзы уд зындоны ма фæхæтын кæн! НодЖы йæм дæтты, зæронд фæджихау: — Уый та кæй ном,ыл у? — Р.айсом аланты фæтæг æмæ йæ мад Кафуйы сахармæ цæуынц... — Нæ-æ-æ! — Цыма йын исчи йæ хурхы кард атъыста, уыйау фæ- богъ ластаГ Ие ’муд æрцæуын æй нæ бауагъта, цыппарыссæдзæм цырагъ æм дæтты. — Кæмæн ма кæныс удæгасæй рухс? — Дур-чъырæн! Нал у мæ бон марды чырыны цæрын. Аргъуаны къултæ барызтысты, Азхынцæг йæ къухтæ уæлæмæ нып- пæлæхсар кодта: — О, хуыцау, дæ цæхæртæ мыл ньиккал æмæ мæ фæнык фестын кæн! Æмбазыг, кæлмдзæфау, фестад, йæ мады йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ хъæр аргъуаны къултæ нъщцарыдта: — Нана, Дур-чъырæн рухс кæныны бар нæ дæтты аланты фæтæг! Аргъуаны хуылфмæ Куырдалæгон æрбацыд, йæ фæдыл Борæты Кæфци æмæ Уæрхæг æрбазындысты. Азхынцæг кувджыты сæрты акаст æмæ кæрты цырæгъты бардз куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ барухс: «Хуы- цау, ма мын фесаф мæ туг æмæ мæ мыггаг!» Æмбазыг джихæй каст æнæнхъæлæджы æрбацæуæг кувджытæм: «Цы руаджы скодта ахсæв Куырдалæгон згъæрхыз æмæ цæмæн æрба- баста кард?» Дуары фæлгæты ныппæлæхсар куырд, йе ’ндæрг Мадымайрæмы фæлгонцы сæрмæ ныггæлир. Иæ даргъ рихиты цъуппытæ йæ фæсхъус- тæй, фаты бырынчъытау, зындысты. Йæ фæйнæ фарс Борæты Кæфци æмæ Уæрхæг лæууыдысты хъарагъултау. Кæлдымау лæууыд æмæ æн- хъæлмæ каст хорхоса байсысынмæ. ’ — Алантæ! — Ныннæрыд талынджы йæ хъæр æмæ цырæгъты рухс фæбæрзонддæр ис. — Абон Мунджук нæ сахармæ смудынмæ кæй æрба- цыд, уый федтат! — Федтам! — Базмæлыдысты цырæгътæ. — Кафуйы сахары сохъыр Ногъайы сæтол хæрæфырт Актаджи кæй æрбадт æмæ Хъырымæй хъалон кæй исы, уый дæр фехъуыстат? — Фехъуыстам! — Алантæ йын хъалон кæй нæ бафыетой æмæ йын йæ чъизи дымæг кæй нæ бастæрдтай, уый тыххæй сын сæ фæтæгмæ сиды. Цæмæн æм си- ды, уый хæмпырут, алантæ? — Хæмпырæм æй! — Аргъуаны хуылфы анæрыд хъæр æмæ æрхуы мигæнæнтæ ныддыз-дыз кодтой. Куырд йæ хъæлæс нылхъывта, фæлæ йьга йæ маст бауромын нæ бантыст. — Мæнæ нæ мад Дзерассæ зæгъы: æз æмæ Æмбазыг сæмпæрчъи Мунджукы фæдыл Кафумæ ныццæудзыстæм æмæ Дур-чъырæн йæ уаргъ фæрогдæр. уыдзæн. Зæгъут уæхæдæг: йæ хъуырыл ын бæндæн бабæт- тæм æмæ йæ, нывонд уæрыккау, баласæм Актаджимæ? л Куырд иуварс алæууыд, мад æмæ фырты фалиау сæ зонгуытыл лæугæ куы ауыдтой, уæд фæхъæр кодтой: — Йæ гобан уал осур кæнæд Актаджи! — Алантимæ бьщæу кæныны агъоммæ уал ын йæ фындз æмæ йæ фæстаг ныммæрзын кæнæд Ногъау! Цæра сгæпп кодта дзæвдъа асцны сæрмæ æмæ йæ цырагъ ныттылд- 39
— Нæхæдæг æм ныццæуæм, йæ дæлдымæг ын скъуырæм, йæ холы-. хортимæ йæ Хъырымæй фæтæрæм!.. Цин дын фенон, Кафуйы сахар тæ- ’лæттагæй йедзаг куыд уа!.. Куырдалæгон æй дæлæмæ нысеыдта, йæ танхъа æркодта æмæ йæ кард фелвæста: — Æз алайнаг хæстон Æнæрие! Хъусут, мæ цахъхъæнтæ, мæ уы- наффæ! Мæ туг æмæ мæ мыггаг фервæзыны сæраппонд арт æмæ хъæс- дарæгимæ сæмхиц дæн, мæ кард æмæ мæ гæрзтæ сызгæ сты... мæ мад мыл цы ном сæйæрдта, уыйау. Æз, алайнаг хæстон Æнæрис, сидын: Æм- базыг æмæ йæ мад Актаджимæ ныццæуынвæнд куы скæной,уæд хъæс- дарæг æмæ арт ныууадздзынæн æмæ фæстæмæ кард сисдзынæн. — Иæ кард тилгæ йæ хурхысæртæй ныхъхъæр кодта:—Æмбазыг æмæ Дзе- рассæ Кафумæ куы ацæуой, уæд æз дæр сæ фæдыл цæуын. Чи рацæу- дзæн мемæ? — Негас! Негас! — Иеуæд Дур-чъыр дзæгъæлæй баззайдзæн æмæ йын йе ’нæсæттон мæсгуытæй цæргæстæ ахстæттæ сараздзысты. — Банцай!— Ныййазæлыд аргъулны хуылф. Азхынцæг ралæууыд размæ, ацы иу сахаты дæргъы ноджы фæзæ- ронд. Иæ боцъотæ ныппыхцыл сты, цьгма йæ сыджытæй оиетой, уый хуызæн ссис. — Алантæ! — Æртæ нымæг цырагъыл схæцыд. — Хъусут ныр та алайнаг хæстон Борыхъы уынаффæмæ! Æрзоныгуыл кодтой, æртытæ сæхиуыл дæлæмæ æрхæцыдысты. Куырдалæгонмæ, уайдзæфгæнгæ, бакаст. — Гормæттæ, уæ дзыхы цы бабадт Дур-чъырæн удæгасæй рухс кæ- нын!.. Дыууæйæ цыппарыюсæдз цырагъы æрбахаетой æмæ дзы дыууæ не осыгътон. Мæхирдыгонау ма сæм иу бафтыдтон, æртæ цырагъæй хуыцау æмæ хохы дзуæрттæм сидын: — Бирæ цæрæд Дур-чъыры сахар! Бирæ цæрæд нæ мыггаг æмæ нæ туг! Бирæ цæрæд аланты фæтæг Æмбазыг! — Цырæгътæ йæ иу къухæй йе ’ннæ къухмæ ранымадта æмæ сæ Дзерас- сæмæ радта. — Оммен! Бирæ цæрæд! Иæ цæсгом ноджы фæтызмæгдæр ис: — Æз, алайнаг хæстон Борыхъ, Куырдалæгоны фæзмгæйæ сидын: тæтæрмæ мæ хотыхы азары бæсты мæ саст бæрзæй куы бахæссон, уæд æлгъыст фæуон æмæ мæ уд зындоны хитæд тъымы-тъымамæ! Оммен. — Оммен! Цавæрдæр æндæрг иувæрсты æрзылд, æваст асиныл суад. Дуарæй мидæмæ куы бахызт, уæд Дзесы базыдта Азхынцæг. — Æз, алайнаг хæстон Борыхъ, сидын: мæ мыггаг нырма йæхицæн аходæн къæбæр искæй раз гуыбыны цъарыл хилгæ никуы ардта... — Æмæ никуы ардзæн! — Æмæ нæм кæд нæ амонд уымæ æрсида, уæд нæм лæугæйæ амæ- лыны фаг лæгдзинад разындзæн æмæ... — Æмæ цæрдзæн æнустæм Дур-чъыр!—Адæмы хъæрæй равзæрд ^ Кæфцийы хъæр. Æмбазыг æрбацыд, Азхынцæджы аргъуаны хуылфмæ аздæхта аи- вæй æмæ йын ,йæ хъусы цыдæр загъта. Иæ цæстытæ фырдисæй фæдза- гъыр кодта зæронд лæг. Дзерассæ æмæ Дзесы æддæмæ ратындзгæ куы ауыдта, уæд ма иу хатт баздæхт адæммæ: — Лæхстæмæ никуы цыдысты ал&нтæ, нæдæр йеныр цæуæм Кафу- мæ искæй раз нæхи дывыдонæй равдисыны сæраппонд æмæ алчи йæ хæ- дзары æнхъæлмæ кæсæд фæтæджы сидтмæ нырмæйау! Ничи фезмæлыд йæ бынатæй, Æмбазыг Азхьгнцæджы фæдыл атын- дзыдта, цырæгъты рухсы фæл’м сæ фæдыл знкъуыст. 40
IV. ÆРТÆ ГАЗАНЫ Кæфци фæтарст, æвæццæгæн, Зæрæда абæстæй ахицæн æмæ Дзес хъæргæнæг æрбацыд, зæгъгæ. Хатæны смидæг, Дзылæу æмæ Саучызджы хъæлдзæггъуызæй куы ауыдта, уæд фæджихау. — Нана!.. — Ма тæрс, мæ хъæбул!.. Æнцойдæр у. — Дзуры йын йæ мад. Рынчын сæм сонтау скаст, стæй, æвæццæгæн, кæсынæй бафæллад æмæ йæ цæстыты гагуытæ уæлтъыфылты бын аныгъуылдысты. Æмба- зыг хуыздæйрагæй куы ницы æрбаййæфта, уæд йæ хуылфы цыдæр ныф- тыд. Иæ уæззау улæфт хъуыст хатæны. Рудзынгæй. æддаг цырæгъты рухс калдис мидæмæ, къулылконд гауызыл салд æндæрджытæм ныццав- та йæ цæстытæ. Тыхулæфтæй хъæццулы бын къуыпп риутæ змæлдысты. Саучызг ын йæ дзыккутæ йæ сæры бынæй райста, йæ риуыл ын сæ æр- калдта. ~ — Мæнæ æрбацыдысты, мæ хъæбул! — Дзырдта рынчынмæ. Дзерассæ йын йæ уадул адаудта, сынтæджы раз æрзоныгуыл кодта. йæ дыууæ къухы йын йæ рустыл сæвæрдта æмæ хæрз сусæгæй загъта: — Уæ, мæ ныфс æмæ ме сæфт амонды хай! Рынчын куырмæгæй йæ къух Дзерассæйы кæлмæрзæны бын батъыс- та æмæ йæ мидбылты бахудт: — Дæ сæрыл мæ æрхæссай!.. — Баузæлыд ыл Дзерассæ. Ракаст, къуымых цæстæнгас цæджындзыл конд- саджы сыкъатыл андæгъд, уырдыгæй къуйыл ауыгъд хотыхтæм аздæхт æмæ айхæлд згъæрхызыл, фæттæййедзаг сагæдахъыл, ’æрхуы уартыл... — Иу... дыууæ... æртæ... цыппар... фондз!.. — Цы нымайыс, мæ хъæбул? — Иæ хъусы йын дзуры Дзерассæ. — Мах нымайы. — Къулы æндæрджытæм амоыы Дзес. — Нана, æгæр бирæ сты. — Иæ мадмæ скаст райдзаст цæстæнга- сæй. — Нæ фæтæг лæууæд... нæ фыд æмæ Кæфци... æндæр æвдисæн мæ нæ хъæуы. Дзес æмæ дыууæ усы рацыдысты хатæнæй, æртæйæ аззадысты йæ уæлхъус. Бамыр ис, цармæ Дзæгъæлкаст кодта æмæ йæ улæфын дæр нал хъуыст. Стæй Дзылæумæ фæкомкоммæ æмæ йын цæстæнгасæй дзырдта: «Ацу ды дæр, баба!» Куы рацыд, уæд афарста: — Никуыуал разынд? Рынчынгæстæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ Азхынцæг базыд- та, Уастырджийæ сæ кæй фарста: — Уый æдзух немæ ис, мæ хъæбул. — Æ, мæ бон ныккæла!.. Иу хатт ма йæ куы фенин!.. Дада, кæд бар- дуаг у, уæд рис цæмæн æнкъардта æмæ адæймагау цæмæн куыдта?.. Кæд адæймаг у, уæд та йын куыд бантыст... дыууæ ханы дзæмбытæй мæн рахæссын?.. Иу арс ын æххуыс кодта, æндæр ничи!.. — Иу арс! — Ныддис кодта Кæфци. — О, иу арс, мыдгъуыз æрмахуыр арс... дыууæ къуырийæ фылдæр чæ фæдыл фæцыдысты. Хы’зæй йæм касТæн æмæ дис кодтон: кæд лæг у, уæд куыд фæразы уыйбæрц хъизæмар!.. Науæд цы ’руаджы æппары йæхи æвирхъауы тасы!.. Йæ арсимæ дзы хъазæн хъултæ сарæзтой дыууæ къуырийы дæргъы тæтæр, тæныскъуыд сæ кодтой уыцы даргъвæндагыл... Бад хызы мидæг, теуа дæ узæд æмæ цу æвæндагæй... Фæстагмæ сын сæ худт сæ фарсæй фæкодта... — Марко Поло дæм кастис. — Фæурæдта йæ Кæфци æмæ йæ зæр- дыл æрбалæууыдысты Солхаты Зæрæхсид, Марко Поло, Быдзæу æмæ’ йæ мыдгъуыз арс. — Дада,—дзуры Азхынцæгмæ, — хъулон у бæстæ, адæм дæр хъу- лон сты... Уый йæ лæгдзинад замсы гæппæлы бын æмбæхста... йæ цæс- 41
сыг дæр æмбæхста, фæлæ йын æй æз федтон... сомихаг Гарегинмæ æхсæв куы баззадыстæм, уæд. — Кæмæ, кæмæ? — Хынцфарст æй акодта Кæфци. — Сомихаг Гарегин... Каруан куы сæмтъеры кодта æмæ куы... ра- лыгъдыстæм, уый фæстæ фыццаг уый хæдзары батавтам артмæ нæхи... Æлустоны... Йæ бинойнаг Анус, чысыл лæппу Месроп. — Фæсыкк ис, йæ фæллад суагъта. — ...Гарегин фынфенæгау фæцис... Уастырджи мæнæй куы ацыд, уæд хорз дзырдта, æвæццæгæн ын тæтæр йе ’взаг сластой, зæгъгæ... Бæстæ хъулон у, адæм дæр хъулон сты... Йæ цæсгомæй ма уыд йæ лæгдзинадæн равдисын, уый дæр замсы гæппæлы бын бамбæхста... Гарегин æй Уастырджи хуыдта. Цæй Уастырджи уыд!.. — Уастырджи уыд, мæ хъæбул! Æдзух нæ уæлхъус лæууы уый. Бамыр сты, цырæгъты рухс ферттив-ферттив кодта рудзынгæй. Зæ-' рæда æрттиваг цæстытæ ныццавта Азхынцæгмæ æмæ арф сунæргъыдта: — Дада!.. Уыцы изæр мæ уæлхъус дæр куы æрбалæууыдаид, уæд, чи зоны, фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл нæ бафтыдаин æмæ... йæхæдæг дæр уыцы хъизæмæрттæ нæ бавзæрстаид. — Кæцы изæр? — Фæлæу, Æмбазыг, ма мæ хæццæ кæн, мæ хъуыдытæ мын сæ джиппæй ма скал!.. Цы бавзарай, уый искæмæн куынæ зæгъай, уæд, æвæццæгæн, йæ уæз дывæр кæны!.. Уый йæ æмбæхстæй хæссы... замсы гæппæлы бын... Кæсыс, дыууæ тæтæйраджы йæ се ’хсæн скодтой æмæ йæм бæхарцытæ ныддардтой. Раззаг ын дзуры: хъаст куы ныххалай, . уæд мæнæй, чизоны, аирвæзай, фæлæ фæстаг бæхарц дæ чъылдымы ныс- сæдздзæн... Æмæ «хъазынц». Раззаг бæхарц раскъæрдзæн, уый хъуамæ фесхъиуа хæрдмæ æмæ тæхгæ хотых йæ сагæхты ауадза... Æнæмæнг дыууæ агъды æхсæнты, кæннод æй фæстаг цæвы... Ды хызы бын бад æмæ кæс «хъазтмæ» æмæ хъус згъæрдарæсджын æнахуыр къæс-къæсмæ!.. Зо- ныс, цы хуызæн къæс-къæс у?.. Тæтæр цыдæриддæр хъизæмар æрбахас- той, уый иууылдæр йæ мидæг æрæмбырд... Тæтæр уый дæргъæн фæнда- гыл сæхи ирхæфстой æмæ дзы хынджылæг скъæрдтой... Сæ иу йæ кард сæлвæста, мырмыргæнгæ йын æй йæ къæхты бынты сæрфта... цал зыл- ды, уал сæрбихъуыройы, цал зылды, уал сæрбихъуыройы... Тæтæйрагæй раздæр куы бафæллайа кæнæ куы фæрæдиа, уæд ын йæ къæхтæ ра- цамайдзæн... Дада, цæмæн быхста уыйбæрц? — Адæмы тыххæй, тыхст лæджы тыххæй, мæ чызг!.. Нæ ирвæзын- гæнæг Чырыстийæ дæр афтæ хынджылæг кодтой, дзуарыл æй куы бай- тыгътой, уæд. — Æвæццæгæн уый дæр фæллайы æмæ се ’ппæтыл не ’ххæссы... кæм уыд уыцы изæр, цæмæннæ фæзынд?.. Æддейæ адæм æнхъæлмæ кастысты æмæ æгуыппæг гуым-гуым хъуыст. Нырхæны мæй сыгъдис цырæгъты рухсыл. — Кæцы æхсæвæй зæгъыс? — Ноджы йæ афарста Æмбазыг. — Рагъыфидары æхсæв... дыууæйæ куы æрбацыдысты, уæд!.. Рьщчынгæстæ рынчыны цæсгоммæ ныккастысты, æвæццæгæн, йæ зонд схæццæ æмæ дзæгъæл дзуры, зæгъгæ. — Æмбазыг!.. Джихæй мæм цы кæсыс?.. Дзæгъæл нæ дзурын, ма тæрс!.. Дыууæйæ уыдысты. Сæ иу комкоммæ æрбацыд, иннæ фисыны аууон лæууыд, фæлæ йæ уынæр хъуыст. — Ныр бынтон æрвонгæй дзырдта æмæ тындзыдта, цыма ногæй йе ’взаг куы ныххаудтаид æмæ йæ хъуыдытыл æбæлвырддзинады мигъ куы абадтаид, уымæй тарст. Баулæф, дæ фæллад суадз, мæ чызг. — Ма тæрс, дада, уый мæ уд дзуры æмæ уд - фæллайын нæ зоны... Мæрдтæм æй мемæ куы ахæссон, уæд мæ уд дæр бахаудзæн зындон- мæ... — Æвиппайдæн йæ цæсты гагуытæ сæ къуырфыты æрзылдысты, йæ улæфт ныггуыппæг кодта æмæ дзы рох чи уыд, ахæм цау йæ зæрдыл æрбалæугæйæ, цæхгæр афарста: — Кæм ис... Цъæхилты Саукуыдз? 43
— Цъæхилты Саукуыдз кæм ис, уырдыгæй фæстæмæ нал здæ- хынц. — Комкоммæ йын загъта Æмбазыг. Чызг ныккуыдта æмæ йæ сынтæг сæнкъуыст. — О, Дур-чъыры сахар, цал уды тæригъæды бацыдтæ дæ цард-цæ- рæнбонты!.. Цæмæн рауад Саукуыдзы хабар афтæ? — Гадзрахат!.. Иæхæдæг ыл басаст. — Дзуапп ын радта Кæфци. — Кæфци!.. Кæд Саукуыдз гадзрахат у, уæд æз дæр гадзрахат дæн... Иумæ уыдыстæм иу хъуыддаджы æвдисæнтæ. Цыма сыл хур боны арв ныннæрыд, афтæ фесты. Кæфци Зæрæда- йы бараст кодта æмæ йын йæ хъæццулыл уæлæмæ схæцыд. Сæ дзыхтæ бамыр сты. — Цы мæм’ кæсут джихæй? Мæ зонд æмæ ме ’взаг ныр мæхи бар сты... Чысыл мæ тых мæ коммæ нæ кæсы... Дыууæйæ æрбацыдысты уы- цы изæр Рагъыфидармæ, мæ мады ’фсымæр Санон æмæ йæ фырт Дауа хæдзары нæ уыдысты... — Дур-чъыры уы’дысты, стæрмæ цæттæ кодтой сæхи. — Хæдзары æз æмæ нæ чындз Бедуха уыдыстæм, дыууæ сылгой- маджы дыууæ нæлгоймаджы ныхмæ цы бакæндзысты!.. — Хъæр цæмæннæ кодтат? — Фæурæдта йæ Æмбазыг. — Ехсы хъæдæй кулдуар хоста æмæ хъæр кодта: «Санон! Санон!» Æз æй уайтагъд базыдтон. Бедуха йын дуар бакодта, ноджы мæм æр- байхъуыст йæ дзурын: «Санон кæм ис?» «Санон æмæ Дауа фæдисы ацы- дысты. Мидæмæ бахиз, æз кулдуар ахгæнон». Асиныл йæ къæхты хъæр цыд æмæ йæм фæстæмæ дзырдта: «Кулдуар ма сæхгæн, мæ бæх æддейæ ис, ныртæккæ фæстæмæ здæхын». ...Уый хуызæттæ сайын нæ зонынц. Дур-чъырæй мæ дæумæ рарвыстой, зæгъгæ, мын куы загътаид, уæд мæ бауырныдтаид æмæ йемæ рацыдаин. Цæмæй зыдтон, уым ма йæм æдде- йæ исчи кæй æнхъæлмæ кæсы!.. Мæ разы февзæрд, йæ цæсгом сыджы- ты хуызæн ссис æмæ йæ цæстытæ суанг йæ фæскъæбутыл баныхæс- тысты... — Зæрæда, чысыл фæлæу! — Æмбазыгæн йе ’рдæбоны нывтæ æрба- лæууыдысты йæ зæрдыл, сæргæхц æмæ цæстыты къуырфыты судзгæ дыууæ цырагъы. Рудзынгæй адардта йæ ных, цырæгъты рухс сахары уынгты æхсырау апырх. Æрбаздæхт, рынчыны дæлфæдтæм æрзоныгуыл кодта: — Дзур, кæд дæ бон у, уæд. — Хъуамæ бауа!.. Уалынмæ æддейæ хæлбурцъ æмæ хыр-хыр æр- байхъуыст, уый та мæныл ныццавта йæхи... — Чи? — Фæлæу!.. Мæ былтæ мындхгæдта æмæ йæ фиппайдтон: йæ къух- тæ йæ коммæ нæ кастысты рæстмæ... Æвæццæгæн, Бедуха хæдзармæ куы æрбацæйцыд, уæд ыл’иннæ ныццавта йæхи. Иннæйы æз нæ федтон, Бедуха дæр æй нæ федта, æвæццæгæн, æндæр’а йæ нæ басусæг кодтаид... Мæн æддæмæ рахастой дыууæйæ, Бедуха сисрæбын хуыссыд æмæ йæ гуым-гуым< хъуыст. — Кæйонг фæцыдыстут æхсæвы? — Аф&рста Кæфци. — Дыккаджы кæйон^ фæндыд, уый онг. — Кæм уыд дыккаг? х — Кулдуары фæстæ æртæ бæхы се згъæллаггæмттæ æвдæрзтой. Сæ иуыл дыккаг бадтис, талынджы йе ’ндæрг зындис. «Райсом, Бейбарсы минаретæй молло куы ныууаса, уæд де ’мбæлццонимæ сахары сæйраг кулдуарæй хъуамæ бахизай. Куы барæджы кæнай, уæд нал баирвæз- дзыстут æмæ доны къусау фесæфдзыстут». — Дыккаг загъта афтæ... Ба- гъæц, ма фæрæдион!.. Нæ, нæ рæдийын. «Райсом Бейбарсы минаретыл молло куы ныууаса!..» Бæлвырд афтæ загъта. — Фыццаг ын цы загъта? — Дыккаджы ф’æдыл скъæрдта æмæ йæм сидтис: «Дуарæй мæ куы- 43
нæ бауадзой!..» Иæ разы бадтæн бастæй æмæ йæ йæ дыгъуырццæгæй базыдтон: йæ балц йæ зæрдæмæ нæ цыд... Дыккаг æм æрбасидт: «Дуар- гæс дæ куы бафæрса, цы хæссыс, зæгъгæ, уæд ын зæгъ: «цæфхады гач- чы хорзæх» æмæ кулдуар йæ хъусты онг байгом уыдзæн дæ разы...» ^ Æмбазыг фестад, Кæфци йæ хойы йæ риумæ балхъывта æмæ фæ- тæгмæ скаст. — Бæлвырд афтæ загъта: «цæфхады гаччы хорзæх?» — Бæлвырд!.. Дур-чъыр йæ фаг тæригъæд æнтъухы, æз æм нал ба- фтаудзынæн... «Зон, дуаргæс дæр нæхицæй у, алайнаг — тæтæйраджы дарæсы... Газан дæ ма ферох уæд, Газан!.. Алайнаг Газан!.. Уый онг куы бахæццæ уай, уæд де окъæфæккаг дæхи у, кæннод иу дæхицæй хъаст кæн...» — Газан чи у? — Нæ зоньгн. Фыццаг дæр æй нæ зыдта!.. Рагъы фидары арæнтæй куы аивгъуыдтам, уæд нæ дыккаг фæуагъта æмæ Дур-чъырырдæм ра- фардæг. — Дур-чъырырдæм? Дур-чъырырдæм!.. «Кæдæм цæуæм?»—Фæрсын æй. «Уый мæ фæс- таг балц у æмæ мын фæстæмæ раздæхæн нал ис». — Зæгъы. Нæдæр скъæ- фæджы хуызæн уыд æмæ нæдæр фыдлæджы... Мард лæууыд мæ разы, кæмдæр мæм зæххы бынæй йæ уд дзырдта: «Дæ фарсмæ цæрыны фа- дат мын нæй. Уæд та дæ разы куы амæлин!.. Дæу хъахъхъæнгæйæ куы ныккæлид мæ туг!» — Зæгъы. Нæ дзы тарстæн, æвæццæгæн, уымæн дæр уæлдай нал уыд. Кæуын ,æмæ худыны æхсæн цыдæр ис æмæ йын адæй- маджы æвзаг ном не скодта. Раст уый фæзынд йæ сыджытгъуыз цæс- гомыл, дæ туг æмæ дæ сæр Дур-чъыры сахары . хъæуынц, зæгъгæ йын ■ куы загътон, уæд. «Куыдзы уд æмæ туг кæй хъæуынд!.. Цæмæн бакод- тон æбуалгъы ми? Цæмæй дын табу кодтаин, уый тыххæй?.. Ау, æмæ лæг йæ хуыцауæн дæр табу кæны, фæлæ йæ æхсæвыгон сусæгæй нæ хæссы!» — Йæхиимæ дзырдта. Фыд дзы нал уыд, йе ’намонд уд æмæ йе ’нтъыснæг хъæлæс ын æнкъардтон æрмæст. Чысыл кард систа йе тарæй, цыргъаджы бырынкъæй йæ зæрдæмæ амоны æмæ æрдæбон кæмæй дзырдтон, уый судзы йæ фæлурс цæсгомыл: «Скæн мын хæрзиуæг!» Хин- гондау æм кастæн, зæгъын, кæд мæ разы дæлимон, кæнæ уæларвон уд ис! «Æуымæн мæ рахастай Рагъыфидарæй?» — Зæгъын, «Æнæдæу мæ- нæй æфтиаг нæй. Æнæдæу мæнæй хæстон æмæ нæлгоймаг нæй!» — Зæ- гъы. Карды фистон мæ чъылдымыл авæрдта, йæ >бырынкъ ын йæ зæр- дæмæ фæбыцæу кодта æмæ мыл йæ цæнгтæ æрбатьихта. «Скæн мын хæрзиуæг!» — Схæпп кодта. Мæ цъæхахст лæнчы анæрыд, мæхи рап- пæрстон бæхæй. Уый дæр йæ карды фæдыл рахауд æмæ зæххыл адæргъ... Иудзæвгар нал фезмæлыд, зæгъын, карды бырынкъ йæ зæр- дæйьгл оныдзæвд. «Ей, цæй адджын мæлæт уыдаид!.. Иучысыл ма фæ- лæууыдаис, гормон!» Ныхъхъус ис, талынг хатæны йæ сым-сым хъуыст. Æвæццæгæн кæугæ кодта. — Газанмæ бахæццæ стут?—Æрæджиау афарста Æмбазыг. — Цæй Газан!.. Кæм уыд Газан!.. Сæйраг кулдуармæ куы бахæц- цæ стæм, уæд моллойы цъæхахст æрбайхъуыст æмæ мидæмæ бахызты- стæм... Уынг дæр, æнхъæл дæн, Бейбарсы номыл уыд! О, фæцæйрох кодтон. Сахармæ бахæццæ кæныны агъоммæ загъта: «Фæстæмæ аз- дæхгæйæ дæр ныл хуыздæр бон не ’ркæндзæн, æндæра аздæхиккам!» Фæджихау дæн. «Дур-чъырмæ фæндаг ссариккам исчердæмыты!» — Зæгъын. «Нæ-æ-æ, уый нæ фæстæмæ баздæхынæн нæ рафæндараст кодта! Фæлтау нæ искуы бацæуæны ныммардзæн!» — Ныхъхъæрзыдта. Уый дыккагæй загъта æмæ мыл адæргæй бæстæ ныззылд æмæ бæхæй рацæйхаудтон. «Нæ мæрдтæ уæддæр фæхæццæ уыдзысты нæ артдзæст- мæ!» — Зæгъьщ, Стыхст, сдыгъуырццæг, йæ цæсгомы туджы цъыртт 44
йал аззад æмæ мæм хурмæ хырыз сæргæхцы хуызæн фæкаст... Чя зб- ны, рæдыдтæн, фæлæ мæм афтæ каст, цыма фæсмон кодта. «Æз æнæ- уи ’дæр зындоны фыцгæйы дæн, фæлæ дæу мæ разæй мæлгæ куы фе- нон, уæд авд дæлзæхы фæуыдзынæн.» — Загъта. Бынтон æдых уыд, сабийау æнæхъомысæй бадтис бæхыл... «Дæлдон кæнын æмæ дæу дæр мæ фæдыл ласын». — Загъта. Бæрзонд кулдуары цур баурæдта йæ бæхы, йæ фæйнæфарс хъилты цъуппытыл бæхты сæргæхцытæ уыд ауыгъд. «Уьш алайнаг Газан цæры, æви стыр фæндаджы стигъæг!» — Хъуыды кæнын. Кулдуар бахоста. «Газан! Газан! Газан!» — Басидт æртæ хатты. «Кæй хæссынц уараджы дæлимонтæ!» — Загъта мидæггаг. «Газан дæ?» «Æз Газан дæн, фæлæ. Газанмæ, чи æрбацыд æмæ Газан кæуыл хъуамæ баузæла?» «Ды кæд Газан дæ, уæд Газанмæ æртæ уа- зæджы æрбацыд æмæ сыл Газан баузæлæд!» — Фæлæу-ма, дыууæйæ куы уыдыстут, уæд æртæ цæмæн загъта? — Фæджихау Æмбазыг. — Уьий дæр ын дыккаг бацамыдта. Фысым йæ ныхасы «Газан» æртæ хатты сфæлхатт кæндзæн æмæ ды дæр уый бафæзм, зæгъгæ... Æртæ цæмæн загъта, уый нæ зонын. Кулдуар куы баигом, уæд нæ ра- зы арыд кæлдымы хуызæн лæг февзæрд. Цæсгомæй, къухæй, хъуы- рæй, — иууылдæр — хъуынджын. — Уый Цохъ уыд. — Зæгъы Кæфци. — Стæй .цы уыд? — Пыхцыл хилы æхсæн бур-бурид ссыртæ ферттывтой: «Дæ балцæн йæ кæронмæ бахæццæ дæ, ме ’фсьшæры æфсымæр!»— Зæгъы æмæ йæ мидæмæ хынцы. Кулдуар нæма сæхгæдта, афтæмæй кæртмæ авдæй æрбагæр-гæр кодтой.' Уый æмæ Газаны сæ къухтæ атилыны бон дæр нæ фæцис, мæ фарсмæ сæ къодæхтау æркалдтой. «Ауæй нæ кодта фыстау! Ауæй нæ кодта фыстау!» Бакастæн æм, йæ сыджыт- гъуыз цæсгомыл цæссыгтæ лæдæрстысты. «Ауæй нæ кодта!» Цыма йæ æхсидгæ писи фæцæй æнцъырдта. йæ хуылф,мæ æмæ дзы уыцы æртæ дзырды йеддæмæ ницыу-ал баззад абæстыл. Уæд ды бавзæрстон, уьшæн ном нæй. Кæмæй дзырдта, ауæй н,æ кодта, зæгъгæ, уый дæр’ нæ бам- бæрстон. Адæймагæн тыхми чи бакæны, уый йе знаг вæййы... Уый ме знаг уыд, уæдæ цы уыд, фæлæ уыцы сахат йе ’нæзæххон хъизæмары æмхъузон хдæн, æмбарыс мæ, дада? — Скаст Азхынцæгмæ. — Æмбарын дæ, мæ хъæбул. — Йæ сæр банкъуыста зæронд лæг.— Дæу бæргæ æмбарын, фæлæ хъуыддаджы мидис æххæст нæма æм- барын. — Бейбарсы уынгыл нæ фæстæмæ ратардтой, ноджы кулдуарæй бахызтыстæм. Уый иннæ кулдуæртты хуызæн нæ уыд, йæ хъахъхъæн- джытæ, цæджындзтау, лæууыдысты. Газаны æндæр кæдæмдæр акод- той, нæ дыууæ стыр уаты февзæрдыстæм. Хуры тын æмæ цыллæйы тæмæнæй йедзаг уыд.. Кæйдæр æфсæст кæл-кæл ме уæнгты ихæнау азылд. Ф,æкастæн æм: фа’лейæ базтыл тымбылцъæгæй бадт^æмæ йæ уæлхъус дыууæ хъахъхъæнæджы сæ хотыхтимæ, цурчытау, ныссагъ- дысты. Нæ фæдыл цы стуртæ цыд, уыдонæй иу йæ цыппæртыл бабырыд: «Æртæ Газаны æмæ ма ноджы уæлæвæрæнæн иу хатун!» Бахудт. «Сæ къухтæ сын суадзут!»'—Зæгъы. Уый йæхи фехста худæджырдæм. Хъахъхъæнджытæ йæ ацахстой æмæ йæ фæстæмæ радыввытт кодтой. Фæгæпп ласта, йæхи баскъæрдта бæхарцджынмæ. Æз мæ цæстытæ æрæхгæдтон, хотыхыл йæхи куыд æрсагътаид, уымæ кæсын мæм нæ цыд. Хъахъхъæнæг ын йæ тæнтæм хотыхы гуымыдза кæрон фæдардта. «Æртае Газаны кæй æрхастай, уый хыгъд дæуæн цæрæнбонтæ, мæнæн та рæсугъд хатун! Цæр! Ацу æмæ цæр!» — Мыр-мыр кодта. «О, хуы- Цау, мæлæт мын цы хæлæг кæныс, гормон!» — Фæбогъ ласта. Гауы- зæйфæлыст къулмæ йæ сæр фæцарæзта, фæлæ йын нæ ныппырх æмæ уадзыгæй æрхауд. «Аласут æй, иокуы йæ баппарут æмæ йæ æртæ Га- заны фæстæ йæ хæдзармæ арвитут!» 45
Аластой йæ, уый фæстæ йæ нал федТон. Ныхъхъус сты, Майрæмададжы комæй цæйдæр сыф-сыф æрбай- хъуыст, цыма æхсидавыл исчи дон ауагъта. Скъæфæджы сыгъдæг æн- къарæнтæй дзырдхæссæджы ком сарæзта, «дыккаг» уый гуырысхойаг нæ уыд. Йе ’вæндонæй йæ цахæмдæр сусæг хъуыддаджы бæрæггæнæг кæй скодта, уый дæр бæлвырд уыд. «Æртæ Газаны» сусæгдзинад уыд æбæлвырд æмæ ууыл хъуыды кодтой рынчынæй, рынчынгæсæй, иууыл- дæр. — Æртæ Газаны цы уа, цымæ? — Дыгъуырццæг кæны Азхынцæг. Æвиппайды Кæфци фестад æмæ рынчьшы фæрсы: — Кæд бахæццæ стут Газанмæ? — Къуырисæры. — Яшлаумæ та кæд хъуамæ басхуыстаиккам? — Фæрсы ныр та Æмбазыджы. — Цыппæрæмы. Кæдæмдæр дзæгъæлкаст кодта Борæты Кæфци æмæ йе ’нгуылдз- тыл дыгъуырццæгæй нымадта: — Дыццæг... æртыццæг... цыппæрæм!.. Æртæ боны — æртæ Га- заны. — Æмæ дыууæйы бæсты æртæ та цæмæп заг’ътай? — Æртæ Газаны уыдысты æмæ уымæн. — Ноджы та сæ йе ’нгуылдзтыл æрнымадта: — Скъæфт, скъæфæг æмæ сæхæдæг кæй нæ зьцдтой, афтæмæй сын цы стæры æмгъуыды сусæгдзинад арвыста, уый. Ома, æртæ Газаны... Æртæ боны фæстæ æрбацæудзысты. Æцæгдæр æй кардæлвæстæй баййæфтам. — Йæхи дæр уымæн сагъта арцы бырынкъыл! Рынчын йæхиуыл рахæцыд, Æмбазыгмæ нымдзаст æмæ тызмæгæй’ фæрсы: — Æмбазыг!.. Са-укуыдзы дыккаг хатт ничиуал амардзæн, фæлæ кæм ис йе ’фсымæр Цæра? — Цæра цæры. Чызг æм йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ скуывта: — О, Дур-чъыры сахар, цас маргджын кæлмытæ фæхылд дæ сис- тыл, фæлæ уæддæр лæууыс. Ныллæудзæн бон æмæ уыцы бон хуыцау дзуапп æрдомдзæн алкæмæй. Уыцы бон Цъæхилты Саукуыдз йæхæ- дæг уыдзæн тæрхонгæнæг æмæ, чи зоны, кæйдæрты бафæрса: цæмæн бауагътат æцæг гадзрахаты хурмæ кæсын? Цæмæн бауагътат Фарнаты Æмбазыг æмæ йæ нысангонд чызг Борæты Зæрæдайы удтæ зындоны æхсидгæйы ныккалын?.. Цæмæн бауагътат дыууæ æвзонг адæймаджы суинаг зæнæджы хурхыл бахæцын? Цæмæн быхсут, суинаг хæстон- ты сæ мады гуырцъы чи амардта, уы-й æмæ йын цæмæн дæттут уæ са- хары уынгты, калмау, хилыны фадат? — Фæтæг, ныр ма истæуыл гуырысхо кæныс? — фæрсы йæ Кæфци. Æ.мбазыг сыстад æмæ карзæй дзуры: — Ныртæккæ йæ ныхасы фæзмæ æрбалас. Мæсгуыты цъуппытæй сыкъатæ ныууасæд, чысылæй-стырæй куыд æрæмбырд уой. Мæхæдæг æй бахæсдзынæн былмæ, зыбыты иунæгæй! Кæфци ахызт дуарæй æмæ мидæгбадджытæ фæфиппайдтой, цы- рæгъты рухс йæ фæдыл куыд аивылд, уый. Уынæр адард æмæ бæстæ æрталынг, хæдзаронтæ дæр фæдисы ацыдысты, æвæццæгæн. — Æ|мбазыг, æз фæсивæдмæ акæсон, мæстыйæ худинаджы къу- бал ма ралыг кæнæд! — Азхынцæг дæр радыд кæртмæ æмæ дыууæйæ ’аззадысты хатæны. Тыргъæй фæстæмæ фæзылд æмæ мидæмæ дзуры: — Рынчыны иунæгæй ма ныууадз, уæдмæ йæ мад хæццæ кæндзæн. — Æмбазыг!.. О, аланты фæтæг!.. Чызгыл исты бæллæх куы ’рцæуы, уæд йæ мойаг йæ нысангарз фæстæмæ ахæссы! 46
— Æыæ стæй куыд цæрон æнæдæу!— Æцæгæлон æм фæкаст йæхй’ хъæлæс. — Цы хъавыс хæддзуйæ!.. Ауазал, йæхимид базмæлыд æмæ йе згъæры дзæгъал-мыгъул ссыд. — Æмæ дæ уд æдзух мемæ нæ уыд? — Мæ уд, мæ зæрдæ æмæ мæ буармæ бар ничи дары Æмбазыг æмæ сыджыты йеддæмæ. — Бæгынæг цæнгтæ йæм сабийау сдардта: — Æмбазыг, рахæц мыл æмæ чысыл рабадон. Уæзæгæвæрд къухтæ чызджы мæллæг чъылдымыл æрбатыхта, йæ риумæ йæ æрбалхъывта. Иæ буары хъармæй йæ сæр разылд. — Де згъæрхыз ралас; уазал мæм дары æмæ мæ дæумæ æввахс нæ уадзы. — Бынтон суæндон ис чызг. Яызг хуыссыд æмæ цъынддзастæй æнхъæлмæ каст. Иæ буар артау сыгъд æмæ йæ цæсгом дæр рынчыны хуызæн нал уыд. Лæппу нывнæлд- та, уылынджыйас кард сласта чызджы тарæй æмæ йыл уæлæмæ куы схæцыд, уæд йæ хъуырыл лыстæг тæнæй ауыгъд разынд. — Кæцæй дæм æрхаудта? — Æвæццæгæн мын æй Саукуыдз æрцауыгъта мæ хъуырыл... Уы- мæй, хуыцау Æмбазыгæн цы хай скодта, уый бахъахъхъæдтон. -- Монц ыл стых, уæззау улæфыд чызг.—Æмбазыг!.. Æз афтад уд дæн. Афтид удæн æппæты бартæ ис. Ферох кодтой æппæт: сахар, адæм æмæ гадзрахатыл тæрхон кæ- нын кæй хъуыд, уый. Уынæр æмæ хархаса дард кæцæйдæр хъуыст. Фæлæбурдта йæм æмæ йæ йæ хъæбысмæ куы систа, уæд кæртæй фæдисы хъæр, судзгæ фатау, æрбасхъиудта хатæнмæ. — Ахъуызыд!.. Афардæг!.. Ныццух-мух ласта, йæ сынтæгыл æй бавæрдта фæстæмæ, йе згъæр- хыз акодта. Рацæйцыд æмæ йæм фæстæмæ адзырдта: — Зæрæда, иунæгæй мæ ма ныууадз! Ны-хасы фæзмæ æрбацыд, йæ хæстонтæм сидтис: — Бырсгæ никæмæ кæнæм, гадзрахатæйцæуæджы агурæм ахсæв! — Ие ’фсымæр Саукуыдзау ыл тæрхон скæндзыстæм ам! — Цъæхилты байзæттаг хъаймæты йеддæмæ ницы æрхастой Дур- чъырхмæ! — Æмбазыг, рæстæг цæуы æмæ тохы фарн йемæ хæссы! — Банцайут! — Сæнтхъæр фæкодта. — Стæры нæ цæуæм, уæйгæ- нæджы агурæм ахсæв. — Уæд та цы кæнæм, уый зæгъ! Иæ армыл уæлæмæ схæцыд, æндон цæнгдыс цырæгъты рухсмæ сæрттывта. — Мæ фæндæй, авд хатты авд барæджы Солхатырдæм тæхæнт. ,Сæ сæргъ Борæты Дзылæу уæд!.. Сахары бацæуæнтæ хъахъхъæнæнт су- сæгæй... — Фараст барæджы Херсонесы фæндаг хъахъхъæнæнт... — Авдæй Джалитыйы фæндагыл!.., — Фараст æмæ ссæдзæй Солхаты бахизæнты алфæмбылæйтты зи- лахар кæнæнт. — Иннæтæ цы ми кæндзысты? — Иннæтæ Дур-чъыры хъæуынц. Райсом фæссихормæ æнхъæлмæ кæсын бæрæгмæ, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. Цæра йæ давæггаг дæгъæлтæй цы сараза, уый дæр фендзыстæм!.. Тар æмæ Бæрзæйцæф кулдуæрттæ мæцъистæй сæхгæнæнт. Мидæмæ^ма-кæй æрбауадзæнт, Уас- тырджи куы ’рбацæуа, уæддæр! Чысыл кулдуарæй ахызтысты фæдисонтæ, Дур-чъыры сахар баз- зад æрдынау æлвæстæй. /
КЪУСРАТЫ ЕГНАТ ÆМДЗÆВГÆТÆ Ныстуаны бæсты Мæ хæлар, фæнды дæ, Дæ фæстæ, Æрттива дæ ингæныл цырт, > Дæ ном дын-иу мыса дæ бæстæ, Кæной, дын фæстагæттæ цыт? Уæд иу хъуыддаг бадар дæ зæрдыл,. Уысмы бæрц æй макуы кæн рох: Дæ цæргæйæ хъуамæ дæ зæххыл Ды фестай рæстдзинады хох! Хæфсæн рахастой тæрхон Уый æмбисондæн дзурынц нырма дæр: Иу нæртон хъæуæн суадон уыдис. Кодтой зоныгуыл уый разы адæм, Алчи дæр æм, æфсинау, зылдис. Фæлæ хъоппæр хæфс ардæ,м фæзынди Æмæ суадонæн хицау ысси: Дон ызмæста, цæсгом ын нæ уыди, Хъæу йæ уастæй зæрдæцъæх фæци. Адæм иу бон уæд хæфсы æрцахстой, Загътой: — аскъуынæм уымæн йæ цард! — Хæфс йæ къахæй фæзылдтой, фæзылдтой, Стæй йæ обауæй фехстой хæрз дард... Хæфс æрхаудта — йæ хъуын дæр та н’асаст! Афтæ фыртæссæй андзыг дзæвгар. Стæй куы ’рчъицыдта, — алырдæм акаст. — Ногæй йе уæнгты бацыд æхсар. «Мæнæ диссаг!.. Лæууын та мæ къахыл... Ай æхсыры цад куы у сæрæй...» Тагъд-тагъд, цингæнгæ, рæбынмæ бахылд, Ног та бауасыд хъоппæг хъæрæй.
Дохтыр Цирæ Дохтыр Цирæ — рацъайаг рæсугъд чызг — Хъавгæ сгары зæрдæйæн йæ куыст. Сау цæстыты рухс цырæгътæ судзьь Фæлæ,.. Хатын: химидæг фæтыхст. Афарста: — цы дыл æрцыд, цы кодтай? — Зæрдæ схъиуы... Искуы-ма дын рыст? — Кæд, миййаг, кæныс цæуылдæр ката’й Æмæ маст дæ зæрдæмæ ныххызт? Нæй, нæ зоны рацъайаг ыстъалы, Зæрдæ рухс у, ныр нæ зоны маст. Фæлæ йæм уæздан армæй куы ’вналы, — Рацæйтоны риувæйнæг æваст... Иунæг зæронд лæг Бады, сидзæрау, æнкъардæй Иу хæдзары иу зæронд лæг. Мачи банхъæлæд: æдзардæй Хæсты бабын ис йæ’ дарæг. Ис ын фырт ыстыр горæты, Уым бæрзонд галуан ысуагъта. Нал ис зæронд лæг йæ мæты, — Уый хъысмæты ’вджид ныууагъта. Йе ’фсин д’æр æм нал у хъусæг, Дард ран ис, æгас мæйдæргъы У йæ чызджы авдæн узæг... Бады зæронд лæг... Унæргъы, Сабиау кæсы æнхъæлмæ Куы йæ къаймæ, ’куы йæ фыртмæ. Зæрдæйы фæдисы хъæрмæ Дур дæр ахауид къæрттытæ... Фæлæ нæй, нæ зыны ничи Ныр йæ бинонтæй йæ цурмæ... Уæд кæмæн фæкæна «цу-ма», Чи ’рыхгæна дуары ричъи?' Ие скаст ма — йæ хорз хъæубæстæм, Хиуыл сын сæ низтæ хъары. Дарынц æм сæ, арм,~ сæ цæст дæр, Буц зæронды кадыл дарынц. 4 «Фидиуæг» № 3,
М/№кЛ ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД ÆМДЗÆВГÆТÆ Тæрхъусы цин Хъазыд къуыппыл тæрхъус, Уыд йæ риуы цин: Рувасæн, дам, дысон Æз ыскодтон хин. Куыдздонæй йын загътон, У, цыма, кæркдон... Æмæ, дам, йæ уæлæ Иал аззад хæдон! Мæ бæх Æз Хазби дæн, Хазбулат дæн, Мæ хъæдьш кард фæцъулатæ! Мæ уисынбæх фæтарст <æмæ Мæн раскъæфта сæппæй хъæмæ! Ныр мын баст у нæ бæхдоны, Ныууасы мын хъæбæрхорыл! Мæ дзыгы Дзыгы, дзыгы, мæ дзыгы дæ! Ыслæу мын тагъд, ысдыгы кæ! Æмæ хурмæ, цом, ахъуызæм, Фæзы нæууыл фаг ахъазæм.
Бабызы лæппынтæ Кæуы Гаги, цæмæн кæуы? Нæхим’æ, дам, цæугæ кæньш... Мæ бабызы лæппынтæ мын Нæ бамбæрстой мæ дзырд æппын„ Æмæ доны ныккалдысты, Мæн нал хæуынц — æрратæ сты!- Цымæ Гаги куы ныккæуы, Уæд лæппынты нæмын хъæуы? Æдас Дысоны бирæгъ ма ’рбацу, Бибо дæ топпæй фехсдзæни! Мæ Мила мæнæн цырддзаст у, Уайтагъд дæ дардмæ фендзæни. Мæнæй-дæр æнхъæл макæд у: Хуыссон мæхицæн хъарм уаты! Махæн нæ дыргъдон тар хъæд у, Бибо дæ размæ уым бады! Хъæндилы балц Уæлæ хъæндил рацæуы, Йæ къах-къухтæ нымайгæ. Хæтæл сыйæ рацæвы, Нæ, дам, кæнын фæллайгæ! Фæл-æ æххæст нæ зоны: Цал ис хилтæ йæ къахыл, Афтæмæй та æвзæрæй Худт йæхимлд уый махыл! Æппæлынæн куы зæгъон, Уæд.у раджы нырма йын... Кæуыл худы, дæсы уонг Нæма зоны нымайын! . Цæмæн кæуыс — Цæмæн кæуыс, мæхи гино, Цæмæн къахыс дæ цæст? Цы дæ хъæуа, цы дæ фæнда, — Зæгъ-иу мын æй æрмæст! Дæтдзынæн дын æз алыхатт Уæлахсджытæй дæ хай. Цæй, мауал ку, мæхи гино, Цæмæн кæныс тæргай? — Нæ сахуыр дæ хæрды размæ Дæ цæстытæ æхсын. - Куы мæ зоныс, æз уый тыххæй Æрвылхатт дæр тыхсын. 51
Уæрыкк Мауал уас, мæ гоко, Мауал ку, фæлæу! Хъарм æхсырæй буц мад Афсаддзæнис дæу! Цу, æрмæст йæ размæ Донбылмæ ныууай. Цырд уæрыкк дын кæннод Адæйдзæн дæ хай! Тагъд дзурынæн Æдылы гæдыла, Æлгъыстаг дæ был уа... Нæ уарзыс æхсæртæ, Ды уарзыс æхсыртæ. . Дæ дзабыр — мæ рæхсад, Æдзух дæ æнæхсад, Мыст ахсын кæд уарзыс, Уæд, цæй-ма, цы уасыс? Фæлмæнхъуын гæдыла, Дæ къах-иу фæбыра! Мад Рарынчыни далысæн йæ уæрыкк, Дысон ын цыдæр нæ батад хорз. Ацыдис йæ мад тыхстæй сæумæйыл. Агуырдта йын йе ’мбал мæдтæм хос. — Зноны бон цы кæрдæгыл фæхызтæ? — Мадæл фыстæн уыд æдзух сæ фарст. — Ма ахæр хъæстæ кæрдæг, цы уыдзæн? — Алчи дæр сæ рынчынæн ыстарст. Æмæ йæм æзтагъддæрæй ызгъорынц, Хъæр кæнынц кæрæдзимæ фæдис. Зонынц мæдтæ мады зæрдæ, зонынц, — Архайдтой — фæрогдæр уа йæ рис. Уалынмæ фæзынд æххуысмæ дохтыр: — Алæ-ма, уæ къæбæда кæм ис? — Радавут-ма тæвдбарæн, ыстæй йын Айсафдзынæн ацы уысм йæ рис. Басгæрста йæ, базыдта, цы кæны, — Загъта сын: «Иæ мад хæраймаг нæу, Зивæггæнаг тæвд хурмæ фæхуыссыд, Хорз æмæ фæцис йæ быны нæуу..
Искуы-ма, — йæ рæуджытæ тæвд хурмæ Афыцдзысты æмæ уæд хæрзбон..., Бадардта йын хостæ æмæ рынчын Ракуырдта фæсусхъæлæсæй дан. «Фервæзт нын», — ысцин ыл кодтой мæдтæ, Алчи дæр ын амоны ныр зонд: — Аууонмæ-иу атындз, коко, тагъддæр, Арвыл хур куы стула-иу бæрзонд! — Ацыд дохтыр, ахаста йæ хостæ, Ис та йын æндæр уæзæгыл куыст. Кокотæ сæ зивæгæй кæм сæйой, Уым кæм уыдзæн дохтырæн æрхуыст? Мад кæуы кæй аххосæй? , «Мæнæ диссаг, мæнæ’диссаг!» — Сиды карк йæ цъиутæм. , Згъорынц мадмæ се ’ппæт иумæ, Иу хивæнд та — цилтæм. Уаллоны куыд къахын хъæуы, — Загътаид сын хъуамæ. Фæлæ йын йæ хивæнд хуры Аныхъуырдта хъамыл. Ахсайдта йæм мады зæрдæ, Цъиуты уым фæуагъта. — Исчи мын уæдта мæ удæн Уым йæ цæст ыскъахта. — Рауардта йæ, фæлæ арвыл Иу цъиусур фæзынди... Æмæ уадид цъиуты сæрмæ Тугдзых маргъ æрзылди.:. Мад ма йæм бæргæ тындзы’дта, Хъæр-æрдиаг систа. Фæлæ цъиусуры цыргъ ныхты Буц лæппын ныцъисти. Мад фæсонтау, мад ныккуыдта, Асаджил йæ з’æрдæ... Хивæнд лæппын уымæ дзуры: — Мауал ку, æвзæр дæ. Иучысыл дзы ахъаздзæни, Стæй нын æй æрхæсдзæн! Иугай мах дæр, уæ, нæ гыцци„ Рухс арвыл ирхæфсдзæн. 53
Цæмæн — Дада, зæгъ-ма, цæмæн хонынц Нæ хъæуы нын Ног Дзау. Кæннод æз та цæмæн хуыйнын Ме скъолайы «ногдзау?» — Уымæн æм’æ, дадайы хур, Нæ хъæу ногæй сырæзт. Нæ ног дуг ы.н бындуронæй Аивта йæ нывæст. Цы раст уынгтыл хæдтулгæтæ Дывæрсыгæй ызгъорынц... Ызнон дæр ма цы уыдысты, Уый се ’нгуылдзтау зонынц. Хъæдын къæстæ хъæдын цырзгъ Сау алайæ сæрста... Нæ къуымты ньш ыстонг рæстæг, Бирæгъау, æфсæрста... Куывды бон дæр хъæбæр дзулæй Нæ-иу састам не стонг. Уалдзæджы-иу кæрæдзийыл Нал хæцыдис не уонг. Чи-иу сыдæй ныррæсыди, Кæй емынæ хаста... Чинæ царды куыдцухдæр уыд, Афтæ ньш нæ барста. Уæд дæр уыдис скъолатæ Иугæйттæ кæмдæрты... Фæлæ мæ къах нæ ’рывæрдтон Иу хатт дæр сæ кæрты... Ныр алцы дæр дзыхъхъынног у, Цард дæр, дуг дæр, уаг дæр... Ногæй кæнæм царды дуæрттæ, Ног кæнæм фæндаг дæр... Ногæй нæ хъæу рацарæзтам, Уый уыд махæн ног цау. Уымæн хонынц нæ дидинкал, Нæ буц хъæуы Ног Дзау. Æппæт, æппæт цы сырæза, Цы аива ногæй, — Нæ бауыдзæн сæ нымайын Мæнæн се ’ппæт номгай. Иууылдæр сыл ды уыдзынæ Сомбон, мæ хур, барджын, Аххосджын дæр ды уыдзынæ, Цардцух куы уай, хъаджджын.
Мах ницæуыл нæ ауæрстам, Туг æнæвгъ’ау калдтам... Удæй æлхæд зæрин хуры Тохты хуылфы ссардтам. Æмæ уæдæ нæ къахимæ Къах чи исы размæ, Бахъуыды бон чи фæсида Тох уа, куысты карзмæ, Уый у махæн нæ фæдисон, Дуджы хъæбул, ног тау. Дæу дæр, мæ хур, де скъолайы Уымæн хонынц ногдзау.
НАНИТЫ АСИАТ ДЫУУÆ РАДЗЫРДЫ ДЗÆГЪÆЛАЙК ГОГЫЗ Иу фæззæг Нанаимæ ацыдыстæм уазæгуаты мæ мады ’рвадæлтæм.. — Хæрæфырт барджын вæййы, кæд нын нæ хæдзар курыс, уæддæр, дын æй хъуамæ балæвар кæнæм, æрмæст нæ хъæстагæй ма ацу, — ты- гуыртæ мыл кодтой стырæй-чысылæй, Æмæ уый, миййаг, фыццаг хатт нæ уыд. Алыхатт дæр мыл-иу тынг фæцин кодтой, лæвæрттимæ-иу мæ рарвыстой. Гъе, æмæ æз дæр рагацау мæ цæст ахастон, зæгъын, — уæд лæва-* рæн цы ахæссон? Дыккаг бон Нанайæн сусæгæй бамбарын кодтон, гогыз мæ кæй хъæ- уы, уый. Уыдонмæ мæ фæнд хорз нæ фæкаст, гогыз та цы у, зæгъгæ, хъыбыл, гъе, сæныкк загътаис. Нæ цæуыны агъоммæ Æна æрцахста сæ гогызты егъаудæр, йæ дыу- уæ къахы йын иумæ абаста æмæ мын æй мæ дæларм фæсагъта. Æз ын йæ сырх-сырхид зыкъуыритæ къоппайыл мæ уырзтæ æрхастон, йæ даргъ уа- чъййыл ын рахæцыдтæн æмæ уыдисныбæрц райвæзт. Тынг рæсугъд уы- дысты йæ бумбулитæ, сау-сауид æмæ сыл цыма ахорæн апырх ранæй- рæтты, — хурмæ ферттив-фæталынг кодтой. Нæхимæ мæн фæндыд, цæмæймæ гогызмæ зылдаин хицæнæй, фæлæ куы афæлвæрдтон æмæ йæхигъæдæй иу нæмыг дæр куынæ иста йæ дзыхмæ, уæд æй Нанайæн рахъаст кодтон, цыдæр рынчын гогыз мын, зæгъын, балæвар кодта Æна, кæнæ та йæ мады мысы. — Уый рынчын нæу, нæ, мæ хъæбул. Гогыз иунæгæй нæ хæры, уы- мæн æмбал куынæ уа, кæрæдзийы хынцмæ куынæ хæрой, уæд дæхи ба- хъæудзæн уымæн сывæллонау дарын, æмæ стæй уæд дæ уроктæ та? Æз бадиссæгтæ кодтон, мæхæдæг æм зилын, æз уый иумæйаг «къусмæ» нæ бауадздзынæн, зæгъын. — Баууæнд мыл, мæ чызг, кæд æнæхъæн дзугтæм зилын, уæд мыы дæ гогыз уæларвон у?—сбустæ мыл кодта. Æз дæр ницыуал сдзырд- тон, кæркдоны къуымы йын цы бынат рахицæн кодтон, уымæн йæ чы- сыл кау фелвæстон <æмæ йæ нæхи гогызтæм бауагътан. Кæд Нанайыл тынг æууæндыдтæн, уæддæр-иу алыхатт мæхи къу- хæй хъуамæ исты бадардтаин мæ гогызæн, кæннод мæм æххормаг каст, тынг ын тæригъæд кодтон æцæгæлон гогызты ’хсæн. Къуыри къуырийы ивта, рæстæг згъордта. Мæ гогыз бонхуыздæр кодта, зымæджы кæд къутуйы хуызæн уыд, уæддæр æй æз митыл никуы бауагътон лæууын. Мæ хъæбысы-иу уыд, митыл ын-иу йæ бырынкъ авæрдтон, афтæмæй дзы йæ мондаг мардта. 56
Иууыл тагъд та мыл уалдзыгон бонтæ уадысты, уæлдайдæр та, рæ- вдуæттæ æфтауын куы райдыдта, уæд. Иу райсом, нырма хуыррытт фынæй кодтон, афтæ мын Нана мæ хъусы бадзырдта: — Абон дæ гогызмæ фыццаг рæвдуан ис! Æз фырцинæй фæгæпп кодтон æмæ балыгътæн кæркданмæ. Изæры скъолайæ куы ’рбаздæхтæн, уаэд мæм æй Нана рахаста, райстон æй мæ къухмæ — бурдзыгъуыртæ, æнæуи гогызы рæвдуанæй чысылдæр. Арæх- стгай йæ нæ хъæдын чырыны нывæрдтон къуымбилты ’хсæн æмæ На- найы бафæдзæхстон: — Ам иннæ рæвдуæттæ мауал нывæр, æрмæст дзы тымбыл кæндзы- нæн мæхи гогызы уæттæ. -Иубон мын Нана стыр мæстджынгъуызæй рахабар кодта, абон^ дам, дæ гогыз фæдзæгъæлайк. — Дзæгъæлайк та цы у? — цымыдисæй йæ афарстон æз. — Цы у, цы, Нанайы хъæбул, æфтауæны æндæр гогыз бадт æмæ уый дæр ацыд, кæмдæр æрæфтыдта, стæй мæм афтидæй æрбалæууыди. Ныр афтæ куы фæцахуыр уа, увд дзы ницы пайда ис, фæлæ йæм цæст бадарын хъæуы. Дыккаг хатт дæр та уырдæм лидздзæн. Дыккаг’ хатт нæ, цалдæр хатты йæ хъахъхъæдтон, фæлæ та мын- иу уыцы тæккæ фæдæлзæх. Нал-иу æй ауыдтон. Уæд æз дæр зыгуым- доны алыварс райдыдтон агурын. Дзæвгар ракъах-бакъахы фæстæ йыл фембæлдтæн, мæ пысырайæ сыгъд цæнгтæ æмæ мæ мæ къæхты ду- дын дæр æрбайрох. Лидзын райдыдтон Нанамæ. Нанайæн дæр æхсыз- гон куыннæ уыд, мемæ. рацыд, рæвдуæттæ йæ раздарæны фæдджийы систа æмæ сæ рахаста хæдзармæ. Цал хатты йæ нæ хибар кодтам, цæмæй дзы ферох уыдаид йæ бы- нат, фæлæ дзы нæ рох кодта. — Ныр ын къуыртт та кæм нывæрдзыстæм, ахъуыдыйаг уый у, — катай кодта Нана. ...Æз ын скъæты нæ гогызты фарсмæ фæлмæн хосыл къуыртт ны- вæрдтон мæхæдæг. Æрцахстон гогыз æмæ йæ рæвдаугæ арæхстгай æрæвæрдтон. Уый сæ йæ бырынкъæй «ахъазыд», йæ базыртæ фæпака кодта æмæ сыл фæлмæн æрбадт. Фæлæ бирæ нæ ахаста, фæссихор æм ныккастæн æмæ афтид, рæвдуæттæ — ихы къæртты хуызæн. Афтæмæй фесæфдзысты ацы рæвдуæттæ, фæлæ сæ стымбыл кæн æмæ йæм сæ бахæсс. Ныр афтæ уазал нал у, æрмæст сын хилæгæй тас уыдзæн æмæ ды зоныс æмæ дæхæдæг. Зæронд резинæ къалостæ ссарын хъæуы, рæстæгæй-рæстæгмæ сыл-иу арт андзар, хилæг сондо- ны тæфæй дардмæ, лидзы, — ныффæдзæхста мæ Нана. Цы гæнæн ма мын уыд? Стымбыл сæ кодтон æмæ йæм сæ бахас- тон. Нывæрдтон ын сæ йæ быны æмæ резинæагурæг раздæхтæн. Цыппар къуырийы дæргъы зæронд къалос никуыуал баззад, уыр- дæм ын дЬн æмæ хæринаг хастон. Æмæ мæнæ æрлæууыд мæ бæллиц- цы бон: мæ хъæбыс байдзаг зæлдаджы тулатæй æмæ сæ хæдзармæ æр- бахастон. Кæм ма уыд мæ цинæн кæрон!.. ТЕЛЫ КЪÆБÆЛ Чысыл Сосланæн йæ фыд куыста телэмалгæнæн заводы. Лæппуйы- иу арæх акодта йемæ куыстмæ æмæ-иу уæд йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Рæсугъд, зæрингъуыз телтæм-иу кæсынæй не ’фсæст. Иæхимидæг арæх бæллыд, уыдон мæ куы уаиккой хъазынæн, зæгъгæ. Иухатт та Сосланы йæ фыд акодта заводмæ. Цалынмæ йæ кусæн- Дзаумæттæ ивта, уæдмæ лæппу азылд заводы уæрæх къæлидоры, æмæ иу хатæны дуарæй бакаст. Уым цалдæр лæджы бадтысты æмæ хъæрæй ЪТ
цæуылдæр быцæу кодтой. Иуæн дз-ы йæ къухы — фистæг телы къæбæл. Сослан йæ цæст ахаста къуымты. Рæбынæй цармæ амадæй лæу- уынц рæсугъд телæй æмæхгæд къæбæлтæ, фæсдуар та иудзæвгар — фистæгтæ. — Кæй лæппу дæ, кæ, мæ хур, хæстæг-ма рауай, — рæвдаугæ хъæ- лæсæй сдзырдта сæ иу. — Ахмæты, — сабырæй, йæхицæн дзурæгау, дзуапп радта лæппу. — Ахмæты? Мæнæ «æвзæр» Ахмæты? Кæс, дæ хорзæхæй, цæй хорз ■лæппу йын ис мæнæ, — хъæлдзæгæй сдзырдта лæг. Лæппу йæ мидбылты бахудт. — Уæдæ дæ ном та цььхуыйны? — Сослан? — Сослан, мæ хур, дæ зæрдæмæ цæуынц нæ къæбæлтæ, æвæццæ- тæн, æгæр сæм кæстытæ кæныс? — Тынг рæсугъд сты. — Гъе, æмæ уæдæ цалынмæ æфтауцгæс не ’рбацыд, уæдмæ дзы иу -сис æмæ йæ афардæг -кæн, æрмæст дæ мачи фенæд, æз дын æй лæвар кæнын. — Уæд ма уъш цæй лæвар у, кæд, мæ исчи фенайæ тæрсон? Мæ фыд мæм хыл кæндзæн. — Ай >æцæг хорз лæппу куы дæ, æцæг! Уæдмæ йæм йæ фыд къæсæрæй æрбадзырдта æмæ йæм алыгъд. Куыддæр Ахмæты кусæн хатæнмæ бахызтысты, афтæ Сослан ба- фарста йæ ф.ыды: — Ды телтæ æмæ къæбæлтæ бирæ уарзыс, баба? — Кæддæр сæ æгæр бирæ дæр уарзтон, фæлæ сæ ныр мæ зæрдæ фæцъæх, — йæ къух ауыгъта фыд. — Æз сæ тынг бирæ уарзын... — æнкъардгомауæй сдзырдта Сослан. — Уарзыс сæ æмæ уым дæ разы нæ уыдысты, цæуылнæ дзы рахас- тай? — Куыд дзы рахастаин? Сæ хицау уым нæ уыд æмæ сæ давгæ ра- кодтаин? Алæбон афтæ куы дзурыс, давын хорз нæу, — бустæгæнæгау сдзырдта лæппу. — Давгæ нæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ дзы ракур, уыдонмæ зæронд къæбæлтæ дæр вæййы æмæ дын дзы ратдзысты. Уыцы ныхасмæ Сослан цырд фæзыдд æм<æ цингæнгæ æфтауцдоны бамидæг. ТЕДЕТЫ ВАЛЯ СЫГЪЗÆРИН ДЗÆНГÆРÆГ Радзырд Сæлимæт федта фын, цыма фæсурокты ацыдис хъæдмæ цымтæ то- нынмæ. Задæй-заддæр цымбæлæстыл зилгæ бахæццæ ис хъæды арф- мæ. Иæ сæрмæ арвы цъæхы йеддæмæ куы ницыу,ал ауыдта, уæд хорзау нал фæцис, фæтарстис æмæ фæстæмæ фездæхти. Чи йæ зоны, хъæды сай-май фæндæгтæ йæ фæстæмæ кодтой æви 58
размæ, фæлæ бафтыдис иу æрдузмæ. Сæлимæтæн йæ цæсгом фæрухс, ферох æй ис, кæй фæдзæгъæл, уый дæр. Æрдуз — емыдзаг алыгъуы- зон рæсугъд дидинджытæй, стæм рæтты дзы уыдис дидинджытæ-дзæн- гæрджытæ дæр æмæ сабыргай дзинг-дзинг кодтой. Сæлимæт йæ цымты ведра зæххыл æрæвæрдта, бацыд дидинджытæм æмæ сæ арæхстгай лæгъзытæ байдыдта: кæмæн сæ йæ къоппа æрдауы, кæмæн йæ роцъо- йыл схæцы. ^ — Куыд рæсугъд сты! Уæртæ уыдон та* — бынтон æндæргъуызæт- тæ, уæртæ уыдон та ноджы рæсугъддæртæ! Уæуу, фæцæй дæ мард- тон мæ къахы бын, — сраст кодта фæстæмæ дидинæджы зæнг... Сæлимæт афтаб цин кодта уыцы рæсугъддзинадыл, æмæ далынмæ асины размæ бахæццæ, уæдмæ уынгæ дæр нæ фæкодта, йæ разы цы чьгсыл, рæсугъд хæдзар лæууыдис, уый. — Куыд рæсугъд хæдзар у! Цымæ дзы чи цæры? Цæй, бацæуон, чифæнды уæд, фæндаг мын уæддæр бацамондзæнис. Сындæггай схызтис асиныл. Дуары размæ зæбулæй лæууыдис чы- сыл æрттиваг дзæнгæрæг. Сæлимæт ын рахæцыдис йæ босыл æмæ æн- цад алæууыд. Дуар ын бакодта ныллæг, урссæр зæронд ус. — Мидæмæ рахиз, мæ хъæбул, мидæмæ! Сæлимæт мидæмæ цæуинаг нæ уыдис, фæлæ зæронд ус афтæ фæл- мæн, уарзæгой цæстæнгасæй каст, ахæм рæвдаугæ хъæлæсæй дзырдта, æмæ йæ бон «нæ» зæгъын нал бацис. Мæнæ ноджы стырдæр диссаг. Алы ’рдыгæй йæм кæсынц рæсугъд хъазæнтæ: къæбылатæ, уæрыччытæ, куклæтæ, гæдытæ, домбæйттæ. Сæлимæт уал бацыд къæбылатæм, райста дзы иу, бахудтис æм æмæ йемæ ньихас райдыдта: — Буци, мæ дзæбæх буци, ды йеныр нæхи Мила куы фестис, уæд мын хæдзармæ фæндаг бацамонис æмæ иумæ, гæппытæгæнгæ, ных- хæццæ уаиккам, — йæ сæр. ын алæгъзытæ кодта æмæ йæ йæ бынаты æрæвæрдта. Стæй бацыдис уæрыччыты цурмæ, райста дзы иу æмæ йæ ныхъхъæбыс кодта: — Ды мæ гокотау хæрын куы зонис, уæд дын бирæ нывдзæджытæ æртонин, аскъæрин дæ хизынмæ. Уæрыччыты фарсмæ лæууыдысты куклæтæ. Систа дзы Сæлимæт ИУ> йæ русмæ йæ æрбалхъывта: — Ды мæ куклæ куы уаис, уæд дын афтæ бирæ пыоултæ бахуы- ин, афтæ, æмæ сæ бон цалдæр ивды кæнис. Авæрдта йæ фæстæмæ йæ бынаты æмæ ныццин кодта гæдыйыл: — Мæхи гино, ды зоныс, гинойыл куыд дзæбæх æмдзæвгæ ис? Нæ йæ зоныс? «Гино, гино, гис, иу гæды нæм ис...» Стæй? Ницы дзы зоныс æппындæр? Хорз, æндæр хатт дын æй бацамондзынæн,—.æмæ бацы- дис тигртæм. — Гъо, гъо, куыд рæсугъд царм дын ис, куыд! Тæхуды, ды ме мбал куы фестис, уæд мæм æппындæр никæцы сырд уæндид æмæ ца- фонфæнды дæр цæуин хъæдмæ. Бахæццæ ис Сæлимæт чингуыты рæдзагъдмæ. Мæнæщас чингуытæ ис, мæнæ! Мамæйы аргъау, Сыгъзæрин кæ- саджы аргъау, Сыгъзæрин уасæджы аргъау, Арс æмæ бирæгъы ар- гъау, цыдæриддæр сывæллæттæн чингуытæ ис, иууылдæр, æвæццæ- гæн ам сты, — арæхстгай чингуытæ фæлдахгæ, дзырдта Сæлимæт. в Уалынмæ æрбахызт зæронд ус, йæ къухы цы стыр кæрдзын уыд, уыи стъолыл æрæвæрдта æмæ загъта: — Рауай, мæ чысыл уазæг, æмæ иумæ кæрдзын бахæрæм. лæрдзын уыд рæсугьд дидинджытæй фæлььст. луыд рæсугъд сты ацы дидинджытæ, раст цыма удæгас сты. ласта æР°НД УС æрлыгтæ кодта кæрдзын æмæ йæ Сæлимæты ’рдæм ба- 59
— Бахæр, мæ чызг, æддейæ куыд рæсугъд у, адджын дæр афтæ, у. Сæлимæт систа иу къæбæр æмæ хæргæ-хæрын афарста зæрсшд усы: — Нана, æвæццæгæн, бирæ аргъæуттæ зоныс? — Бирæ, тынг бирæ, мæ чызг. — Æмæ мын дзы нæ радзурдзынæ. — Бахæр уал. Сæлимæт хæрд куы фæцис, уæд йæ къухтæ асæрфта, зæронд усы раз дзуццæджы/рбадт, йæ цæстытæм ын нымдзаст, йæ сæр иуæрдæм æркъул кодта, афтæмæй. — Нана, нæ мын дзурыс аргъау? — Мæн бæргæ фæнды, иууылдæр мæ нуры ку.ы уаис, фæлæ дæ цæуын хъæуы, афонмæ дæ хæдзары агурынц. Сæлимæтæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, хъæды куыд фæдзæгъæл, уый æмæ фенкъард. — Ма тæрс, мæ чызг, æз дын бæхуæрдон сцæттæ кодтон æмæ цом сбад. — Æмæ мын аргъау нал радзурдзынæ? — Æндæр хатт ма мæм куы ’рбацæуай, уæд дын радзурдзынæн тынг диссаг, æппындæр кæй ничим^а фехъуыста, ахæм аргъау. — Нана, гæнæн ис æмæ нæ къласæй искæйты ракæнан? — Ракæн, кæйдæриддæр дæ фæнды, уый. Афтæ, ныхæстæгæнгæ, рацыдысты æддæмæ æмæ Сæлимæт уыцы рæсугъд бæхуæрдоны чингуыты къонатæ куы ауыдта, уæд сцин кодта æмæ афарста зæронд усы: — Адон дæр мæнæн дæттыс? . ’ Уæдмæ хæдзарæй радугъ кодта чысыл къæбыла, йæ фæстæ уæ- рыкк, стæй куклæ, гæды æмæ домбай. Сгæпп кодтой. бæхуæрданмæ æмæ æмдзыхæй загътой: — Махæн Сæлимæт тынг нæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ йемæ цæуæм. — Ацы бæхуæрдон æмæ, цыдæриддæр йæ уæлæ ис, уыдон сты дæу, Сæлимæт. Æппындæр мацæмæй тæрс фæндагыл, ничи дæ фæ- джиздардзæн. — Бузныг, стыр бузныг, нана, — йе ’фцæгы атыхсгæйæ йын загъ- та Сæлимæт æмæ сбадтис бæхуæрдоны. — Бæх афтæ тагъд лыгъдис, афтæ, æмæ уысм,мæ Сæлимæты хæдза- ры цур фестадис. Сæлим’æт, цингæнгæ, базгъордта сæхимæ æмæ йæ мады хъуырыл ацауындзæг. Радзырдта йын йæ диссаджы хабæрттæ, стæй йын йæ цонгыл фæхæцыд, кæд дæ нæ уырны, уæд дын сæ фенын кæнон, зæгъ- гæ, æмæ кæртмæ тындзгæ рахызтысты. Æмæ ноджы тынгдæр куыднæ фæдис сты сæ дыууæ дæр: Бæх фестадис хъазæн! Иннæтæ дæр, æппæты фыццаг сæ Сæлимæт зæронд усмæ куыдæй федта, ахæм хъазæнтæ фестадысты. — Цымæ мæм цæуыл фæхъыг стут, мæ дзæбæх æмбæлттæ, цы са- рæзтон æвзæрæй? — йæ зæрдæ ауынгæг Сæлимæтæн æмæ фырадæр- гæй фехъал, æрмæст ма уæддæр исдугмæ йæ хъусты гæзæмæ зæлыдыс- ты уыцы хъазæн бæхы ныхæстæ: — Æппындæр ницы, мах стæм дæ хъазæнтæ æмæ нæ хъаз, кæи- мæ дæ фæнды, уыдонимæ. Стæй дæ нæ сæр куы бахъæуа, уæд та дæ фæхæццæ кæндзыстæм зæронд усмæ. Уый дидинджыты хæлары йæ удæй фылдæр уарзы...
зоовооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооооос ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ГЪÆД ÆМÆ ФÆД Очерк дæр æрмæст афтæ зыдтон Гасситы Фатимæйы — æрвылмæй, æ|рвыл- кварталы дæр йæ хæслæвæрдтæ ахицæн кæны бирæ уæлдайджын- тæй, райсы преми, у хæларзæрдæ, йе ’мбæлттæ йæ уарзынц бирæ. Æндæр ницы... Фæлæ уыдæтæ мæнæн ницæуыл дзырдтой, куыд адæймаг, куыд хорз кусæг, афтæ мын æххæстæй не ’вдыстой Фатимæйы зæрдæйыуаг, йæ миддуне, йæ цайдагъдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ, фыццаджыдæр, хъуыд йемæ фембæлын, куысты рæстæджы тæрхы уæлхъус куыд архайы, куыд-змæлы, уыдæттæ фе- нын; хæдзары бинонтимæ йæ ахаст куыд у, цы ’гъдау, цы лæджыхъæд æм ис, уымæ хицæстæй бакæсын. Гъе, æмæ йæм цæуын сфæнд код- тон, мæ очеркы сæргонд дæр ме ’взаджы цъуппыл йеуæд февзæрд. Æрмæст мæм, де знаг гæды зæ- гъæд, фыццаг дзæбæх нæ фæкаст æмæ мæхимæ схыл кодтон: «цы нæ "’рб’аймысдзынæд — «Гъæд æмæ фæд»! Уый ницыгар сæргонд у!..» Фæдæ иугæр очерк фыссынмæ куы æрæвнæлдтон, уæд мæм хорз фæ- каст æмæ йæ нал аивтон. Иу ба- кастæй афтæ зыны, цыма дыууæ дзырдæн иумиагæй ницы ис. Фæлæ уый. иу бакастæй. Æнæуи та, гъæд алыран дæр уадзы фæд, æмæ фæд кæм ис, уым та æнæмæнг уы- дзæн гъæд. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, ис хорз фæд æмæ ис æвзæр фæд. Фæлæ иуг-æр дзырд «фæды» Ацы сæргонд мæ - очеркæн рав- зæрстон, Фатимæимæ зонгæ дæр нæма уыдтæн, афтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтон, йемæ мын æнæ- фембæлгæ кæй нæй Æмæ йыл, чи зоны, фысгæ дæр ныккæнон. Иугæр дын редакци бахæс кодта, уæд, цы- фæнды æнæвдæлон уай, уæддæр зеххæстгæнгæ у. Уыйразмæ Гасси- ты чызджимæ лæгæй-лæгмæ зонгæ нае уыдтæн. Зыдтон. æй æрмæст <рæсаууонмæ областон газеттæй. ^уьщ ыл арæх фыссынц, йæ хорз куысты кой фæкæнынц. Фæлæ дын Цы хъуамæ радзура кадавар газе- тон уац? Базондзынæ дзы æрмæст: ^уым^æмæ æуым кусы ахæм адæй- маг, иæ нормæ æххæст кæны уал ^мæ уал процентæй. Гъе, æмæ æз 61
размæ гъæд ис, уæд уый æмбарын кæнын нал хъæуы. Уæдæ афтæ, «Гъæд æмæ фæд». Ацы дзырдтæ Гасситы Фатимæ- йы фæллойадон биографийы афтæ тьшг фидауынц, æмæ хуыздæр зæ- гъæн нæй. Фæлæ уый тыххæй дæл- дæр... ...Æз аыдтон, а-къуыри Фатимæ æхоæвы сменæйы кæй кусы, уый — раздæр телефоны абæрæг кодтон заводы кадрты хицауы æмæ мын уый бамбаръш кодта: йе сменæ ку- сы æхсæвы 12 сахатæй райсомы æхсæз сахатмæ. Æз рæстæгæй тæрсгæ, миййаг, нæ фæкодтон, фæ- лæ уал æм сфæнд кодтон йæ фа- термæ бацæуын. Тынг зын мæм касти, æнæзонгæ бинонтæм æнæ- хуынд уазæджы хуыз’Ы фæзынын, Фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыд. Телефон нæй йæ фатеры. Цхинва- лæн хуссары ’рдыгæй Мамсырайы фырты уынджы 12-æм хæдзары фыццаг бацæуæны ис йæ фатер. Дз.æнгæрæг куы ныццагътон, уæд мæм дуарæй йæ сæр радардта чы- сыл чызг. Уый мæм цыдæр æнæу- уæнчы каст скодта йæ уæрæх са- тæг-сау цæстытæй. Æз ын салам радтон æмæ йын загътон: — Хæдзары чи ис дæхи йеддæ- мæ? — Иунæг дæн. Мæ фыд куысты ис, мæ мад та нывисæгмæ ацыд йæ къамтæм. Цыгæнæн ма дзы уыд? — фæс- тæмæ раздæхтæн. ...Рæстмæ цыд нæ фæдæн дык- каг хатт дæр. Уæдта мæм рахызт йæзæрКыг, рæсугъд лæппулæг. Куыддæр дуар байгом, афтæ мæ мидæмæ бахуыдта. Базонгæ стæм. Уый- уыд Фатимæйы æмкъай Мул- дарты Уасил — цыппæрдæсæм ав- тотранспортон куыстуаТы шофер. Ме ’рбацыды сæр цæй тыххæй уыд, уый йын куы бамбарын код- тон, уæд мын загъта: — Фатимæ фынæй кæны, сменæ- йæ æртæ сахаты размæ æрбацыд. Фæлæ кæд афтæ у, уæд æй рай- хъал кæндзынæн. Цас раст уаид, куыствæллад, хуыссæгцух адæймаджы райхъал кæнын? Дысон дыууадæс сахатæй суанг бонмæ тæрхы цур чи лæу- уыд, æрдуйæ нарæгдæр тыннывæзт 62 эмалгонд телын’ хæлттæм йæ хъус чи дардта, къæбæлты мынæг уы- иæрмæ йæ оæр кæмæн ныууæззау, æнуд цехы тæвд эмалы тæф фаг чи фæныхъуырдта æмæ ныртæккæ æн- цад-æнцойæ чи улæфы, иннæ сме- нæмæ йæ тыхтæ чи æмбырд кæны, уыцы куыствæллад сылгоймаджы райхъал кæнын. Æмæ ма уыимæ æртæ æнахъом сывæллонмæ зилын хъæуы. Æнæуи дæр хæдзары зылд- тытæ! — фæуæн сын нæй. Æвæццæ- гæн куыстмæ ацæуыны агъоммæ уыдоныл дæр нæ аххæссы... — Нæ бауагътон Уасилы йæ рай- хъал кæнын, загътон ын: — Афтæ хиуарзон мæ ’нхъæлыс? Хуыцау бахизæд. Уадз æй, æмæ фынæй кæна. Куысты фæстæ йын уый бар ис. Æз та уæ абæрæг кæн- дзыйæн. Фысым мæ хатыр ракуырдта. Зындис ыл, зæрдиагæй йæ фæндыд йе \мкъайы райхъал кæнын, суа- зæг мæ кæнын. ...Ацы хатт æй баййæфтон йе ’ртæ сывæллоны — Мзиа, , Инга •æмæ Аллæимæ. Хæрзæфснайд дыу- уæхатæнон фатеры паркет авгау æрттывтытæ калы, къуымты уæл- дай дзаума нæ фендзынæ, алцы дæр — йæ бынаты. Бадæм стъолы фарсмæ æмæ ны- хас кæнæм. — Вася мын дзырдта, зæгъгæ, дæ иу фысоæг агуырдта, — цыдæр æф- сæрмæнгасæй загъта Фатимæ. — Курæг уæ дæн, мацы мыл ныффыс- сут. Мæ царды мидæг ницы сарæз- тон ахæмæй, /æмæ мæ ме ’ннæ ’мбæлттæй хицæн кæной. Нæ заво- ды кæйфæнды дæр райс, мæнæй дæлдæр ницæмæй сты. Æниу за- воды дæр иуырдыгæй уадзæм, фæ- лæ нæ бригадæйы мæхи йеддæмæ чи ис, уыцы цыппар чызгæй кæй- фæнды дæр райс. Æз дæр уыдонæй уæлдай ницы сарæзтон. —'Æнæзынг фæздæг нæ вæй- йы, — бадзырдтон Фатимæмæ. — Стæй æз фысгæ ницы кæндзынæн. Демæ. базонгæ уыдаин, уый мæ фæндыд, æмæ дæ уый тыххæй æр- цагуырдтон. Куыд фыссæг, афтæ’ мæн хорз кусджытæ, хорз а’дæй- мæгтæ мæ сомбоны уацмысты хъайтарты прототиптæн хъæуынц.
Бынтондæр мын куы ницыуал радзура, уымæй тæрсгæйæ мæ ба- хъуыд ацы журналистон хинми. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта, прототип цы у, уацмысы хъдйтар цы нысан кæны, уыдæттæ. Фати- мæмæ уæлдæр ахуыр ис —Хуссар Ирыстоны педагогон инст|итуты райдиан ахуырады методикæйы фа- культет 1965 азы фæци каст. Æнæ- кæсгæйæ зоны бирæ ирон поэтты æмдзæвгæтæ. . Мæнмæ уый диссаг фæкаст — уæлдæр педагогон ахуырадимæ ку- сæджы, эмалгæнæджы професси! Хъуыддаг уый мидааг ис, æмæ Фа- тимæ институтмæ бацыд 1961 азы. Уый размæ иу афæдз заводы куыс- та. Куы йæ афарстон, зæгъын, уæл- дæр ахуырады дипломимæ, ахуыр гæнæджы профессиимæ цæмæннæ ацыдтæ ахуырпæнæгæй, уæд мын дзуапп радта: — Диплом куы райстон, уæд мæ . Ленингоры районы Захъоры хъæу- мæ æрвыстой ахуыргæнæгæй, фæлæ мæ ныфс нæ ахастон æнахъом сы- ваэллони’мæ — уæд мын Мзиайыл æртæ азы цыдис. Фæлæ, раст дын куы зæгъон, уæд æз ныртæккæ мæ профеоси, телэмалгæнæджы профес- си, ницæуыл баивин. Раст мын дзырдта Фатимæ, йæ ныхасыл ын дызæрдыг нал кодтон, тæрхы цур æй куспæ куы баййæф- тон, уæд. Хæдзары мæм ацы къæс- хуыр сылгоймаг фæкаст цыдæр- гъуызон æнæфердæхт, рыгъдгонд (чи зоны æнæзонгæ адæймагæй æф- сæрмы кодта), йæ цæсгом, йæ цæс- тæнгас уыд нымæг. Фæлæ мæм йæ тæрхы цур та фæкаст музыкалон инструментты дирижеры хуызæн: уыд уæнгæндыгъд, йæ цæстытæй цæ- хæртæ калд, цырд йæ хъус дардта, дыууадæстæнон фæндыры тæнтау, ныйивæзæг лыстæг телтæм. Хъуыст къæбæлты зыррытт. Уыдоныл æн- гом тыхтæй бадт 0,25 мм диамет- ры эмалгонд тел — адæмон хæ- Дзарады бирæ къабæзты афтæ тынг-чи хъæуы, уыцы тел. . Фатим^æ; тæрхыты куыстмæ афтæ лæмбынæг хъуыста, цыма сын сæ ныхас æмбæрста. Уыцы нымæг уы- наертæ, уыцы иугъуызон зæлтыл иæ хъус афтæ фæцахуыр, æмæ уы- тæппæт лыстæг тæгтæй исчи йæ ра- ны нæй, зæгъгæ, уæд æй «æвиппайды рахаты, хъуыддаг бараст кæны, таг айвазы ,æмæ йæ бафтауы ног къæ- бæлыл. Сæрдыгон хæххон æрдзы зæрдæх- цон рæсугъд зæлтæ: мæргъты уаст. доны чыр-чыр, хъæды уынæр, уд- дзæфы сыбар-сыбур æмæ æндæр алыгъуызон мыртæ алкæмæ иу- гъуызон нæ хъарынц, алчн сæ иу- гъуызон нæ хииæн кæны. Бирæ та, кæд къæрцхъус у, уæддæр сæ нæ хаты. Ф.æл,æ æрдзы рæсугъд симфо- нийы зæрдæхцон мырты мидæг уды монц суадзыны æхцондзинад чи аразы, ахæмтæ стæм ис. Ахæм адæймæгтæ арфæйаг сты: æхсæзæм æнкарынад кæй хонынц, уый сын у тынг размæцыд. Уыцы æнкъарьь нады æз хонъш уæлзæрдæйон, уæл’- цæстон æнкъарынад, ома зæрдæ цы нæ рахата, уый банкъарын, цæст цынæ фена, уый фенын. Ахæм у Фатимæ йæ куысты уæл- хъус. Уый кусы дыгай тæрхытыл, хаттæй-хатт та <æртæ, цыппар æмæ фондз тæрхыл дæр. Тыннывæзт тел- ты æрттывд, эмал латсы сæлæтгæ- наг тæф æмæ заводы æрвылбонон , дзолгъо-молгъойыл афтæ фæцай- дагъ, йæ туджимæ афтæ сфыхтыс- ты æмæ, тæрхыты уæлхъус уæвгæ- йæ, иунæг уысм дæр уыцы фæллой- адон ассиметрион гармони исты куы бахъыгдарид, уæд æй йæ хъус- тæ æнæацахсгæ нæ фæуиккой. — Куыст дæ йæхæдæг йæ ’фæдыл куынæ скъæфа, уæд дзæгъæлы у дæ фыдæбон, — афтæ, арæх фæдзу- ры Фатимæ. * Уый никуы бæллыд нæдæр хор- зæх райсынмæ, нæдæр, исчи дзы раппæла, уымæ æмæ нæдæр æндæр ’ исты удæхцон хъуыддæгтæм, уы- м>æн æмæ йæ иууыл стырдæр хор- зæхыл нымайьгфæллой кæнын, уый мидæг ары, цыдæриддæр адæйма- гæн æхцондзинад ис, уый. Ие ’мкусджыты хæларзæрдæ æмгар, искæй циныл цин кæнын — йæ уд, йæ дзæцц, — ахæмаей ба- зыдтой йе ’мбæлттæ Фатимæйы. Уымæн ыл бафтыдтой се 'уУæнк- Цалдæр азы уыд областон Сове- ты депутат, ныр та у Цхинвалы гор,æтон Советы депутат. Йæ ком- коммæ фæллойадон хæсы йеддæмæ ба
ма уый намысджынæй æххæст кæ- ны æхсæнадон куыст дæр, йе ’взар- джыты фæдзæхстытыл у æнувыд. Уыд нæ областы партион организа- цийы XXXIV конференцийы деле- гат. Конференцийы делегæттæ дæр та йыл се ’ууæнк бафтыдтой æмæ йæ равзæрстой Гуырдзыстоны Ком- партийы XXV съезды делегатæй. Тбилисы филармонийы залы нæ республикæйы партион организаци- ны форумы Фатимæ лæмбыиæг хъуыста Гуырдзыстоны КП ЦК-йы фыццаг секретарь æмбал Шевард- - надзе Эдуард Амбросы фырты докладмæ æмæ йæ зæрдæйæн тынг æхсызгон уыд, нæ республикæйы иннæ раззагдæр сæудæджерадон куыстуæтты æмрæнхъ завод «Эмал- проводы» коллективæй дæр куы рап- пæлыд, уæд. Уыцы уысм Фатимæ- мæ афтæ фæкаст, цыма фыццаг секретарь йæ цæстытигъæй фем- .дзаст Фатимæмæ æмæ сдзырдта: «Уый уæртæ уыцы къæсхуыр сыл- гоймаджы хуызæтты хъæбатыр куыстыл дзурæг у, гъе». Уыцы уысм Фатимæ фефсæрмы йæ хъуыдытæй æмæ йæ цæстытæ бынмæ ауагъта. «Нæ хъæуы, мæ хойы хай, Фатимæ, дæ сæрыл бæр- зонддæр ’ схæц, ды уый аккаг * ...Горæт ныссабыр. Æрдæгæхсæ- вæй ахызт. Уæртæ чидæр фæтын- дзы асфальт уынгыл. 'Цырæгъты рухсмæ йæ дзæбæх æвзары цæст. Уый Гассион у. Уынджы цырæгъ- ты рухсмæ ма ноджыдæр иу каст æркодта йæ сахатмæ æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. Ахсæв та суанг сæумæцъæхтæм Фатимæ лæу- дзæн йæ тæрхыты уæлхъус, хъус- дзæн сын сæ мынæг уынæрмæ, йæ зæрдæйæн музыкæйау æхцон чи у, уыцы уынæрмæ. «Цæргæс тæхгæ- йæ фидауы». Ам та рафидаудзæн Фатимæ, дзæбæх дирижерау, ар- къауты. хуызæн хъандзал æн- гуылдзтæй сгардзæн æрдуйыстæв- дæн телтæ, Паддзахадон стандар- тон къамис Гъæды нысан цы тел- тæн саккаг кодта, радиосæудæдже- рад, электроникæ æмæ адæмон хæ- дзарады бирæ æндæр къабæзты афтæ ахсджиаг чи хъæуы, уыцы зæрин эмалгонд телтæ. дæ...» —ногæй цыма йæ хъустыл ауад Фатимæйæн фыццаг секрета- ры ныхас æмæ уæд уый дæр йæ цæстытыл схæцыд. Куыд æхсызгон вæййы адаейма- гæн, йæ зæрдæйæн æввахсдæр цы у, уымæй йын исчи куы раппæлы, уæд! Гуырдзыстоны Компартийы съез- ды делегæттæ дæр та се^ ’ууæйк бафтыдтой Гасситы Фатимæйыл, равзæрстой йæ Гуырдзыстоны Компартийы ЦК-йы уæнгтæм кан- дидатæй æмæ Советон Цæдисы Коммунистон партийы XXV съёз- ды делегатæй. Иæ куыст, йæ хъуыд- дæгтæй буц æмæчсæрыстырæй ирон сылгоймаг, уæртæ чысыл хæххон хъæу Бузалайы Гасситы Цикъайы хæдзары чи рахъомыл, уый хайад иста СЦКП-йы XXV съезды, нæ бæстæйы бирæнымæц партион ор- ганизациты иннæ минæвæрттимæ Кремлы Съездты стыр Галуаны уынаффæ кодта дунеон нысациуæ- джы фарстытыл «ССР . Цæдисы адæмон хæдзарад 1976—1980 азты рæзын кæныны сæйраг фæндæгты» тыххæй нæ партийы XXV съездæн СЦКП ЦК-йы Проектыл, дунейы ныры уавæрыл. Коммунистон парти æмæ Сове- тон хицауад ацы фондзазоны ра- сидтысты гъæды æмæ ахадындзи- нады фондзазонæц. Гассионы ра- уадзгæ продукцимæ æнæуи дæр фау никуы ничи æрхаста, кæддæ- риддæр уадзы хæрзгъæд продук- ци. Иæ рауадзгæ продукцийæн фа- рон^ нæ областы сæудæджерады куыстуæтты историйы фыццаг хатт, лæвæрд æрцыд Гъæды Паддзаха- дон нысан. Фæлæ иугæр ног фон- дзазон расидт æрцыд гъæд æмæ ахадындзинады фондзазонæй, уæд уый Фатимæйы сразæнгард кодта ноджы гъæдджындæр куыст кæнын- мæ, афтæ, ,æмæ фыццаг æмæ дык- каг диапазон телты æмрæнхъ Гъæ- ды Паддзахадон нысан аккаг куыд æрцæуа æртыккаг æмæ фæндзæм диапазоны телтæн дæр. Ууыл у йæ хъуыды ныртæккæ хъæбатыр фæллойгæнæг сылгоймагæн. Р1æ бригадæ 1970 азæй фæстæ- Ы
:мæ хæссы Коммунистон куысты -бригадæйы кадджын ном. Йæ тæр- хыты сæрмæ нывгæнæджы фыст ^æсугъд хъæрнывтæй бакæсдзынæ: «Ам кусы Коммунистон фæллойы бригадæ». 1960 азы æнудæсаздзыд чызг за- водмæ ахуыргæнинагæй куы бацыд, ,уæд æм тыннывæзт тæрхытæ цы- дæр æнæмбаргæ фæкастысты. Аф- тæ æнхъæлдта, уыцы лыстæг æрду- йытæнæгæн телтæм февналæн дæр нæй — аскъуыдтæ уыдзысты, Ф,æ- -лæ йæ ахуыргæнæг, фæлтæрд эмалгæнæг Бибылты Геси куыд ^юг змæлы, тæрхимæ куыд арæхсы, телтæм æдæрсгæ куыд æвналы, уы- дæттæ куы уыдта, уæд йæ зæрдæйы ныфс бацыд æмæ иу афæдзмæ йæ ахуыргæнæджы æййафын райдыд- та. Гассион абон дæр хорзæн æры- мысы уыцы бонтæ æмæ йæ зæрдæ- йы мидæг фæарфæтæ кæны Бибыл- ты Гесийæн. Уæдæй фæстæмæ Фа- тимæ йæхæдæг цал æмæ цал эмал- гæнæджы сахуыр кодта йæ дæсны- йадыл! Цæйау фæзæгъынц, Фатимæ йæ- хæдæг æнæхъæн фæдис у. Заводы эмалгæнæн цехы искæцы брига- дæ фæсте куы аззайы, уæд æм уый барвитынц. Афтæ уыд амæйразмæ дæр. Фатимæ куыста 0,10 мм ди- аметры эмалгонд телуадзæн тæр- хытыл æндæр бригадæйы æмæ йæ -сфидар кодтой Хъуылымбегты Ва- ляйы бригадæмæ. Уый фæрцы бæ- рæг рæвдздæр ацыдысты ацы бри- гадæйы хъуыддæгтæ: сæ рауадзгæ продукци — 0,20 мм диаметры эмалгонд тел уадзын райдыдтой гъæдджындæр æмæ фылдæр. Коммунистон партийы уæнг, хæ- дæфсæрм фа^ллойгæнæг сылгойма- . тæн ныртæккæ йæ хъуыды здæхт у, уæлдæр ма йæ загътон, продукци- йы гъæд æмæ ахадындзинад хуьдз- дæр кæнынмæ. Советон Цæдисы Коммунистон партийы XXV съезды нæ партийы ЦК-йы Генералон сек- ретарь Л. И. Брежнев йæ доклады л-æмбынæг дзырдта сæудæджера- дон продукцийы гъæд æмæ ахадын- /дзинадыл. Фатимæ съеадæй цы ба- -5. «Фидиуæг», № 3. зырджын тæлмæнтæ æрхаста, абон дæр æмæ нырæй фæстæмæ дæр кусдзæн уыцы тæлмæнтимæ. Уый зыны йæ куысты гъæдыл, уый зы- ны, йæ уарзон коллективы ’хсæн ын цы ном, цы кад ис, уымæй. Æмæ йын кæд абонмæ хицауад Кады Нысаны дыууæ ордены, стæй уæд майдан æмæ риуылдарæн ны- сан саккаг кодта, уæд, дызæрдыг- гаг нæу, ацы ног фондзазоны йæм ноджы уæлдæр хæрзиуджытæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Иугæр дзырд гъæдыл цæуы, уæд дзы фæд æнæразынпæ нæ фæуы- дзæн. Зыны æмæ ноджыдæр ра- зындзæн Гасситы чызг * æмæ уый хуызæтты^ фæллойы гъæд æмæ куысты мидæг сæ фæд. Гассионы куы афарстон, зæгъын, амонд куыд æмбарыс, цахæм адæй- маг дæм кæсы амондджын, уæд ын дзуапп раттын зын уыд, куыддæр йæхимидæг ’фæтыхст, фæлæ уæд- дæр чысыл фæстæдæр загъта": — Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æцæг амондджын у, намысджын, æгъ- дауджынæй чи цæры æмæ кусы, ахæм адæймаг. - Уый царды мидæг кæддæриддæр йæхи хаты уæндо- нæй, адæмы цæстытæм кæсы ком- коммæ. Сæйраджыдæр та йын куыст уæззау уаргъы хуызæн нæ, фæлæ у æхцон, æхцон та уый тых- хæй, миййаг, нæу’, æмæ æнцон кæй у, фæлæ йæ куыст йæ фæдыл кæй скъæфы, уымæй. Лæджы фыд хæ- рынæн нæ бæззы. Æз афтæ æмба- рын амонд... Мæ очерк Фатимæйы ацы дзырд- • тæй уыдтæн балхынцъкæнинаг, фæлæ йын хæрзбон куы загътон, уæд ма мæ ноджыдæр бафæдзæхс- -та: — Курæг дæ дæн, мацы мыл ньгффысс. Мæ хуызæттæ нæ заво- ды бирæ ис, Зæгъæм, ныффысс Коцты Лидæйыл, Гæбæраты Циу- рийыл, Хъуылымбегты Валяйыл, Куыдзеты Ирæйыл. Нæ коллекти- вæй кæуылфæндыдæр кыффысс, — алчи дæр сæ уый аккаг у. Гæнæн нæй, хæдæфсæрм дæ, Фатимæ, фæлæ дын дæ фæдзæхст нæ сæххæст кодтон æмæ хатыр.
плиты илья ХЪОМЫАГÆНÆГ Очерк Ног ахуыры азыл’цæттæйæ сæм- бæлдис Цхинвалы дыккаг ирон ас- тæуккаг скъолайы фыццаг къласы ахуыргæнæг Гæбæраты Мария Ива- ны чызг. Айхъуысти дзæнгæрæджы хъæр. Ахуыргæнæг сывæллæтты бакодта кълломæ. Дуар сабыргай ахгæдта. Стъолыл арæхстгай æрæвæрдта ди- динджыты баст æмæ сывæллæтты партæтыл сбадын кодта. Фыццаг хатт сты ацы сывæллæт- тæ къласы. Æнæ хъæлæба, æнæ уы- нæрæй бадынц. Ныр цалæм хатт... Цалæм хатт хизын кæны гыццыл са- биты царды къæсæрæй Мария Ива- ны чызг. Цалæм хатт гом кæны æвæлтæрд цæсты^!æн зонындзинæд- ты æхцон дуне æмæ йын кæддæрид- дæр уый хæссы æнæзæгъгæ æхсыз- гондзинад... Бурябаш-Гæбæраты Мария Ива- ны чызг — грекаг, гуыргæ та ра- кодта Донецкы областы Красная Полянайы хъæуы. 1941 азы каст фæцис астæуккаг скъола. Институт- мæ хъуамæ бацыдаид, фæлæ рай- дыдта Фыдыбæстæйон хæст... Бирæ дудгæбæттæ бавзæрстой Марияйы ныййарджытæ хæсты азты, цалын- мæ 1943 азы советон æфсæдтæ До- нецкы област не ссæрибар кодтой немыцаг тыхæйисджытæй, уæдмæ. 1945 азы батальоны командир, не ’мзæххон Гæбæраты Андрей служ- бæ кодта Донецкы -æфсæддон хайы æгйæ базонгæ ис Марияимæ, кæрæ- дзи бау^рзтой æмæ сæ цард баиу кодтой. Фыдыбæстæйон хæсты фæс- тæ Андрей æрыздæхтис йæ райгуы- рæн уæзæвмæ æмæ йе ’мосьайы дæр* æркодта йемæ. Мария цалдæр азы фæтсуыста Ау- неуы астæуккаг скъолайы уырыссаг- æвзаг .æмæ литературæйьг ахуыргæ- нæгæй. 1948 азæй абоны онг кусы дыккаг ирон астæуккаг скъолайы: райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Ирыстонмæ куы ’рцыд, уæд рай- дыдта ирон æвзаг ахуыр кæнын, цæмæй йьен æнщждæрГуыдаид сы- вæллæттимæ кусын. Гъе, уымæ гæс- гæ йæ ахуыр адардд-аер кодта Хус- сар Ирыстоны паддзахадон институ- ты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайады. Институт каст фæуыны фæстæ- Мария бацыдис Коммунистон пар- тийы рæнхъытæм. 1967 азы йын радтой Гуырдзыстоны ССР сгуыхт ахуыргæнæджы ном. »Æмæ т.а ногæй æппæт дæр рай- дыдта, æрвылаз дæр сентябры фыц- цæгæм бон ногæй куыд райдайы, афтæ. Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт ахуыргæнæг Марин лæууы йæ ног хъомылгæнинæгты раз. — Ныр базонгæ уæм. Æз дæн уæ ахуыргæнæг. Мæн хонынц Мария Ивановнæ. Мария фыццаг къл-асы фыццаг* бон фыццаг урок радта математи-, кæйæ. Урок райдыдта стыр разæнгар- дæй. — Сывæллæттæ,, раст сбадут! Раст’чи нæ б’адтис, уыдон цухдзи- нæдтæ бараст кодта æмæ сæ бафæ- дзæхста: — Абонæй-фæстæмæ уе 'ппæтдæр> баддзыстут афтæ. 66
— Сывæллæттæ, сисут-ма уæ порт- фелтæ. Сывæллæттæ систой сæ портфел- тæ. — Портфелтæ исын хъæуы æнæ хъæлæбайæ, сабыргай. Бавæрут сæ фæстæмæ æмæ оæ ногæй сисут. Сывæлл-æттæ портфелтæ бавæрд- той партæты æмæ сæ ногæй арæхст- гай, æнæ уынæрæй систой. — Афтæ исдзыстут нырæй фæстæ- мæ уæ портфелтæ. . Акуыргæнæг æппæт къласæн æв- дисы фыссæн фæйнæп. — Чи зæгъдзæн: мæнæ уый цы хуыйны? Ахуыргæнинаг: фыссæн фæйнæг. Ахуыргæнæг: цæм-æн нæ хъæуы? Ахуыргæнинаг: фысоынæн. Ахуыргæнæг: цал фыссæн фæйнæ- джы сты? < Ахуыргæнинаг: иу. Ахуыргæнæг: цал фæрсаджы ис нæ къласæн? Ахуыргæнинаг: æртæ. Къласы ахуыргæнннæгтæ бадьшц æртæ рæнхъыл. Алы рæнхъæй дæр сыстын кодта дыууæ .ахуыргæнина- джы .æмæ сын банымайын кодта, сæ рæнхъытыл цал партæйы ис, уыдон. Ахуыргæнæг: кæцы къухæй фыс- дзыстæм? Ахуыргæнинæгтæ: рахиз къухæй. Ахуыргæнæг райста кърандас æм.æ сын равдыста, кърандасыл куыд хæцын хъæуы, уый, æмæ азыдд партæтыл, бараст кодта, кърандасыл раст чи нæ ныххæцыд, уыдон. Сывæллæттæн бацамыдта рахиз æмæ галиу къух, рахиз фарс æмæ галиу фарс. Зæгъын сын код- та, къласы рахиз æмæ галиу фæрс- ты цы предметтæ ис, уыдон. Ахуыргæнæг сывæллæттæн бай- уæрста сыгъдæг сыфтæ æмæ сын загъта: ныффыссут мын, чи цы циф- рæтæ зоны, уыдон. Сывæллæттæй иутæ ныффыстой фондзы онг, иннæ- т,æ дæсы онг, чи та дзы бынтондæр ницы ныффыста. Ахуыргæнæг сисын кодта матема- тикæйы чиныг, йæхæдæг æй райста æмæ йæ æвдисы ахуыргæнинæгтæн. — Ацы чиныгæй ахуыр кæндзыс- тæм æмæ базондзыстæм раст ны- майын æмæ рардтæ аразын. Чиныг хъæуы уарзын, дарын æй хъæуы сыгъдæг. Гæбæраты Мария хорз базонгæ сывæллæтты зонындзинæдтимæ ма- тематикæйæ. Уый уыдис цæвиттой- наг урок ахуыры азы фьщцаг бон. Гæбæраты Мария-йы куы фарстон, цахæм дом.æнтæ ис ахуыргæнджыгы раз æмæ цы методтæм гæсгæ ку- сынц райдиан кълæсты, уæд мын радзырдта: — Ныр цалдæр азы бирæ фыс- сынц æмæ дзурынц ахуыр-хъомыла- дон куысты липецкæгты методыл. Раздæр Липецкы областы райдиан кълæсты ахуьфгæнджытæ дæр сæ уроктæ арæзтой иумæйаг урочы схемæмæ гæсгæ. Фæстæдæр сæ къух систой урок дихтæ кæныны уыцы трафаретон методыл æмæ рахызтыс- ты ног методмæ. Липецкаг а’хуыргæнджыты фæл- тæрддзинадмæ гæсгæ нæ куыст ра- царазыныл мах дæр рагæй арха- йæм. Раст зæгъын хъæуы, куысты уыцы методæй махæй бирæтæ тарс- тысты, уымæн æмæ рох кæнын нæ хъæуы, программæйы баньюангонд куысты йеддæм.æ мах, райдиан кълæсты -ахуыргæнджыты, хъуыдис ахуыргæнинæгты хуым^æт-æг уырыс- саг ныхасыл цайдагъ кæнын дæр. Гъе, уымæ гæсгæ, липецкаг ахуыр- гæнджыты методы бындурыл урок аразын æххæстæй нæ бон нæма уыд. Фæлæ уæддæр уым.æн йæ иуæй-иу элементтæй пайда кодтам. Кæсыны уроктæ æз сбæттын лра1мматикæим(æ. Раздæры урокæй р-авзарын хъуыдыуæттæ æмæ сæ ног урокты агъоммæ ныффыссын деформиргонд хуызы. Уыдонæй сы- вæллæттæ саразынц раст хъуыды- уæттæ, базонынц, кæцæй ист сты, уый. Дарддæр æрæвналынц хæдза- рон хæслæвæрд кæсынмæ æмæ стæй та йæ радзурынмæ. Раздæр фыссæн фæйнæгыл фыст вæййынц зынæм- барæн дзырдтæ, ома, уый размæ урочы кæй бамбарын кодтон, уыдон. Æ,мæ та сæ ног урокыл дæр сфæл- хатт кæнын. Дыккаг къласы æз, урок амон- гæйæ, -ахуыргæнинæгтæм раттын ахæм фарстытæ: куыд уæ зæрдæмæ фæцыд иу кæнæ иннæ хъайтар? Сы- мах та куыд бакодтаиккат, уыцы хъайтарæй куы уыдаиккат, уæд? Ног æрмæг кæсгæйæ, æз алыхатт 67
дæр бамбарын кæнын ног дзырдтæ, уыимæ, уырыссаг æвзаг лаамæгъ чи зоны, уыдонæн æй бамбарын кæ- нын мадæлон æвзагыл. Уыцы дзырдтæ раздæр фыст вæййынц фæйнæгыл. Цы бакæсæм, уый фæс- таедæр радзурæм хайгай, равзарæм алы хай дæр. Уый фæстæ йæ ра- дзурын кæнын сывæллæттæн, стæй кæронбæттæн ныхас саразын æмæ ахуыргæнинæгтæн нывæрын ныоæнт- тæ. Математикæйы уроктæ -æз райда- йын ахуыргæнинæгты сæрмагонд куыстытæй. Сывæллæттæн раттын æхсæз-фараст цæвиттоны, кæнæ рардтæ варианттæм гæсгæ. Иуæй- иу хатт та урок райдайын арифме- тикон диктантæй. Уый фылдæр хатт хъæуы, сывæллæттæ рацæугæ æр- мæг куыд бамбæрстой, уьимæн. Ца- лынмæ сывæллæттæ сæрмагондæй фæкусынц, уæдмæ азилын къласыл, хæдзарон куыстытæ чи куыд сæх- хæст кодта, уый рабæрæг кæныны тыххæй. Уый фæстæ ахуыргæнинæг- тæн зæгъын, цæмæй сæ тетрæдтæ радтой иууылдæр. Фæстæдæр рахи- зын дзыхæй нымайынмæ. Дзыхæй нымайыны рæстæджы арæх сывæл- лæтты хъазын кæныя «Валчок» «Молчанка», «Отгадай», «Борьба за флажок» æмæ æндæр лхæмтæй. Уый фæстæ рахизын ног æрмæг æмбарын кæнынмæ. Иæ бафидар кæныны тыххæй сывæллæттæн амо- нын цæвиттонтæ кæнæ рардтæ ком- ментаритимæ. Хæдзармæ дæр сын раттын, къласы цы куыст бакод- той, ахæм куыст.. Уырыссаг уроктæ дæр райдайын сæрмагонд куыстæй. Æппæты фыц- цаг бакусын кæнын рæдыдтытыл. Фæстæдæр рахизын комментарити- мæ фыссынмæ. Ног æрмæг бамба- рын кæныны фæстæ та рахизын фæлтæрæн куыстытæм. Равзаргæ диктант, дзырдуатон диктант, дзырдуатон-предметон диктант æмæ æндæр ахæмтæм. Урок бафидар кæныны тыххæй сывæллæттæн дæт- тын сæрмагонд куыст: чиныгæй фæлварæн. Фылдæр хъусдард азда- хын рæсугъд, бæлвырд æмæ тагъд фыссыныл сывæллæтты фæцайдагь кæнынмæ. Ацы куысты методтæ сты Липец- кы областы æмæ Мæскуыйы раз- загон ахуыргæнджыты фæлтæрддзи- надмæ гæсгæ нæ куыст рацаразыны фъщцаг фæлварæнтæ. Афтæмæй куыд мæхицæн, афтæ сывæллæттæн дæр урокыл æнтысы фылдæр ку- сын, фæхуыздæр ахуыргæнинæгты æвзыгъддзинад, уадзынц къаддæр рæдыдтытæ, хуыздæр пайда кæ- нынц фыссæн фæйнæгæй. Куысты ног метод домы стыр цæттæдзинад, урочы цæстуынгæ би- рæ æрмаеджытæ, урочы рæстæгæй рационалон æгъдауæй пайда кæ- нын, урочы 45 минутæй иунæг дæр дзæгъæлы ма сæфа, пайда хъуамæ цæуа алы уысмæй дæр. Гæбæраты Мария, куыд фæлтæрд ахуыргæнæг, <адп(æт йæ хъарутæ æмæ иæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кæны сывæллæттæн коммунистон хъомылад радтыны ^хъуыддаджы. Канд скъолайы .нæ, фæлæ ма скъо- лайæн æдде дæр бæрæгæй зыны йæ <æрмдз<æф. Æнгом бастдзинад ын ис ахуыргæнинæгты ныййарджыти- мæ, арæх сæм фæцæуы хæдзæрттæм, ахуыргæнинæгтæ цы уавæрты ахуыр кæнынц, уый бæрæггæнæг. — Сывæллон зæрдæ зоны, фæзæ- гъынц .адæм. Æмæ уый раст у. Ма- рияйы йæ ахуыргæнинæгтæ уар- зынц, аргъ ын кæнынц. Дыууын æхсæз азы кусы Гæбæ- раты Мария Цхинвалы дыккаг ирон астæуккаг скъолайы. Уый бирæ тых, бирæ хъарутæ бахардз кодта ацы скъолайы. Фæлæ Мария буц у йæ куыстæй. Йæ ф’ыдæбæттæ дзæгъæ- лы нæ фесты. Уый кæй схъомыл кодта, уыдонæй чи дохтыр сси, чи ’ахуьГргæнæг, чи — инженёр, — сæ уарзан ахуырг-æнæджы нæ рох кæ- нынц, фыссынц æм фыстæджытæ, арфæ йын кæнынц, царды сæ раст фæндагыл кæй бафтыдта, уый тых- хæй. Райдиан кълæсты ахуыргæнæгæн йæ куыст вазыгджын у. Сывæллон фыццаг хатт бахизы скъолайы къæ- сæрæй, уый тыххæй лæмбынæг са- хуыр хъæуы сывæллоны поихологи, йæ характер, бафтауын æй хъæуы раст фæндагыл. Марияйы цалдæр азы размæ ар- выстой Мæскуыйы раззагон ахуыр- гæнджыты фæлтæрддзинад сахуыр 68
кæнынмæ. Уый фæстæ н,æ горæты райдиан кълæсты ахуыргæнджытæн арæзт æрцыдцс раззаг фæлтæрддзи- нады скъолатæ. Уыдонæй сæ иуы къуадариуæггæнæг уыдис Гæбæра- ты Мария. Уымæй дарддæр ма уый Джиоты Марияимæ сарæзта ирон окъолаты фыццаг кълæетæн ахуыр- гæнæн чиныг «Русекое слово». Чиныджы нысаниуæджы тыххæй Мария афтæ зæгъы: — Ахуыргæнинæгтæ сæ мадæлон æвзаг хорз ^куы зоной, уæд сын уый тынг ахъаз кæндзæн иннæ предмет- тæ базонынæн дæр. Цæмæй ахуыр- гæнинæгтæ уырыссаг æвзаг хуыз- дæр сахуьгр кæной æмæ йæ æнцон- дæрæй æмбарой, уый тыххæй ирон æвзаджы алы хай дæр а-монын хъæ- уы уырыссаг æвзаджимæ æмбас- тæй. • Нот фондзазоныл Гæбæраты Ма- рия дæр æмбæлы ног бæллицтæ, ног фæндиæгтимæ рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны хъуыд- даджы.
ДЖИОТЫ ХАЗБИ ЧИ У АВТОР? 1959 азы Цхинвалы мыхуырæй рацыдысты Гæдиаты Секъайы рав- зартæ уацмыстæ. Уый у, Секъайы уацмыстæ, иустæмтæй фæстæмæ, æххæстæй мыхуыр кæм æрцыдысты, йе уыцы фындаг чиныг. Чиныг ба- цæттæ кодта Джусойты Нафи. Ацы æмбырдгондмæ чиныгара- зæг бахаста публицистон уацмыста? дæр: «Хъуды ком», «Арагвийы ком>\ «Дзи’мыры ком», «Фыстæг газет- мæ» æмæ «Хъуды ком». Уыдонæй «Хъуды ком», «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры ком» мыхуыр æрцыдыс- ты 1906-æм азы «Ирон газеты», 1, 3 æмæ 8-æм номырты. Иниæ дыууæ та — «Хъуды ком» æмæ «Фыстæг га- зетмæ»— 1907 азы газет «Ног цар- ды». Ацы фондз публицистон уацмысы мыхуыр æрцыдысты фæсномыгæй, «Фæсхохаг», зæгъгæ. Кæй псевдо- ни,м у «Фæсхохат»? Ацы фарстæн Джусойы фырт дзуапп дæтты йæ чиныг «Цомак Гадиев», зæгъгæ, уы>м (Орджоникидзе, 1965 аз). Амоны, зæгъгæ, «Фæсхохаг» уыд Гæдиаты Цомахъы псевдоним, æрмæст уыцы фæсно’мыгæй пайда кодта Гæдиаты Секъа дæр. Фæлæ уыцы фондз уацхъуыды, уыдонимæ «Хъуды ком» (фьщцаг уацхъуыд), «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры 1ком» Джусойы фырт ра- хуыдта Гæдиаты Секъайы æмæ сæ бахаста Секъайы равзаргæ уацмыс- ты æмбырдгондмæ. Цæмæ гæсгæ? Байхъусæм ын йæхимæ: «И по своим стилистическим осо- бенностям, по манере изложения, по подни)маемЫхМ вопросам и гео- графичеоким реалия,м статьи, опуб- ликованные в «Ирон газете», ско- рее всего принадлеж.ат перу Сека» (9 фарс). Цымæ бауырнинаг у ады аргу- ментаци? Кæй зæгъын æй (хъæуы, пæ, уымæн æмæ дзы нæй конкретон анализ ахæм хатдзаг саразынæн. Географион реалигæ, стæй дзы цы фарстытæ льипгонд цæуынд, уыдон æцæгазлон нæ уыдысты канд Гæдиа- ты Секъайæн нæ, фæлæ Цомахъæн дæр. Чи у уыцы æртæ публицистон уацмысы автор? Хъуыддаг равзарæн ис æрмæстдæр уацмысты стилистон миниуджытæм гæсгæ. Фæлæ се стилистон хицæндзинæдтæ Джусо- йы фырт нæ раиртæста, афтæмæй сæ зæрдæаивæй рахуыдта Гæдиаты Секъайы «Хъуды ком», «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры <ком». Уыдон Секъайы ^къухæй кæй нæ рацыдыс- ты, фæлæ Цомахъы уацмыстæ кæй сты, уый тыххæй фыссы филологон 70
:зонæдты капдидат Салæгаты Зоя ,йæ чиныг «Четыре этюда об осетинс- кой прозе», зæгьгæ, уым (Орджони- кидзе, 1970 аз). Бауырнинаг сты йæ хатдзæгтæ. Зоя фыссы, зæгъгæ, Цæгат Ирыс- тоны зонад:иртасæг институты ар- ливы сты «Ирон газеты» э<кземпляр- тæ. Уыдон Гæдиаты Цомахъы уы- дысты раздæр. Цомахъ уыцы газеты псевдонимтæ раргом кодта, стæй уацхъуыдтæ «Хъуды ком», «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры ком»-ы автор йæхæдæг кæй уыд, уый. Институты ма ис Гæдиаты Цо- м ахъы у ацмысты æмбырдгонды къухфыст. Уый мыхуырмæ бацæт- тæ чындæуыд 30-æм азты. Æмбырд- гонды 3-аг том «Публицистикæ» райдайы, «Хъуды «ом», зæгъгæ, уы- цы уацмысæй. Чи зоны, æмбырд- гондаразджытæ исты фæхæццæ код- той? — фæрсы V Салæгаты Зоя, — æмæ ахæм дзуапп дæтты, зæгъгæ ’ма æмбырдгонды ис Гæдиаты Цо- махъы уыцы уацхъуыд уырыссаг æвзатмæ тæлмацæй, Цомахъæн йæ- хи фиппаинагимæ: «Перевод Кеса- ева моей корреспонденции из Закав- казья». Уацы кæрон та ноджыдæр бæлвырддæр комментари: студент М. Гадиев фæсхохаг (Цомахъ). Гæд...» Уæдæ афтæ, уадмыстæ «Хъуды ком» (фыццаг уац), «Арагвийы ком», «Дзимыры ’ком» Цомахъы фыст кæй сты, уый дзырддаг мауал хъуамæ уа Салæгаты Зояйы бæл- вырдгæнæнты фæстæ. Фæлæ мæнæ мыхуырæй рацыди Цхинзалы Джусойты Нафийы «Ирон литературæ» (Астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæ- пæн чиныг). Уым ногæй Джусойы фырт фæлхатт кæны йæ раздæры хъуыды, цы уацмысты кой кæнæм, уыдон Гæдиаты Секъайы фыст сты, зæгыгæ: «Иттæг дымыдисаг у Секъайæн йæ нывæфтыт; публииистикæ дæр. Уыдон («Хъуды ком», «Арагвийы ко’м», «Дзимйры 1КОм») уыдысты ирон публидистикæйы фьщцаг уад- мыстæ» (154 фарс). Ниды зæгъы, уыцы уацмыстæ Цомахъы кæй сты, уый фæдыл Са- .лæгаты Зояйы хъуыдыйы ныхмæ. Æвæццæтæн, растыл нымайы йæхи концепдитæ. Уыдон та, уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй не сты конкретон. Географион реали- тæй, проблемæты ахсджиагдзина- дæй зæгъы. Æмæ, куыд загътам, афтæмæй уыдонæй иртæст нæ уыдис Цомахъ дæр. Уæдæ ма цы базза- дис Джусойы фырты аргументаци- йæ, ома «Хъуды ком», «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры ком» Цомахъы фыст не сты, фæлæ Секъайы, зæгъ- гæ, уымæй? Æрмæстдæр иунæг — стилистикон хицæндзинæдтæ! Фæ- лæ уыды стилистикон кицæндзинæд- тæ дæр зæрдæаивæй загъд æрцы- дысты, исты хатдзæг скæнынæн та бæлвырд бæрæггæнæнтæ æрхæссын фæхъæуы. Цавæр сты Секъаиы æмæ Цома- хъы прозаикон уацмысты стилисти- кон фæрæзтæ, дæмæй дарынц бæрæг сæ кæраэдзийæ, цæмæй хицæн кæ- нынц? Уый вазыгджын фарст у. Бирæ бакусын хъæуы ууыл. Æмæ ацы цыбыр уацы мах уыцы хæс нæ разы не ’вæрæм. Фæлæ цы хъуыд- дагыл дзурæм, — «Хъуды ком», «Арагвийы ком» æмæ «Дзимыры ком» кæй уацмыстæ сты, Секъа æви Цомахъы, уый кæд се стилæй бæрæгкæнинаг у, уæд уымæн фаг уыдзæнис дыууæ фыссæджы синтак- сисон конструкциты хицæндзинад райæлгъауын дæр. Гæдиаты Секъайы уацмысты сти- лæн тынг характерон у иу миниуæг, нæ прозæйы тынг стæм хатт чи æм- бæлы, ахæм. Хъуыдыйады уæнгты равæрды конструкцийы Секъамæ бæлврд фæтк ис. Искуы, иустæм- тæй фæстæмæ зæгъинаг кæддæрид- дæр æвæры æппæты фæстæ, æххæст- ^ гæнæн, сæйрат æмæ фадатон дзырд- ’ ты фæстæ. Мæнæ «Азауæй» скъуыд- дзаг: «Арагви»-йы доны сæр Ганисы хъæу хуыссы. Раджы дзы кæддæр царды ден- джыз иæджджинагау фыхт. Æрнæг- джын бæстæ. Хорз фосджын адæм — цард сæм йæ мидбылты худт. Раст Ганисы хъæуы цард дыууæ сыхаджы: Сæчъынаты Боба æмæ Тогъуызаты Бибо. Кæрæдзи тыиг уарзтой, иу хæ- дзар, иу бинонтау цардысты. 71
Фæлæ сæ дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты æмæ уый тыххæй кæд- дæриддæр хъыг кодтой: «Нæ ис, нæ бон кæмæн зайдзæн», — дзырдтой. Бибойььус Томиан уыди, Бобайы ус та — Хъаныхъон. Томиан æмæ Хъаныхъон иу рæс- тæгыл басывæрджын сты æмæ-иу дыууæ усы кæрæдзийæн дзырдтой: кæд нын лæппутæ райгуыра, — æф- сымæртæ сæ скæнæм, кæд нын чыз- джытæ райгуыра — хотæ сæ скæ- нæм, кæд иуæн^лæппу райгуыра, ин- иннæмæн — чызг, — ус æмæ лæг уыдзысты. Уый тыххæй кæрæдзи- йæн æцæгдзинады дзырд лæвæрд- той. Раст Ногбоны æхсæвы Томианæн лæппу райгуырд, Хъаньгхъонæн та — чызг. Бибо куывдæн гал аргæвста, адæ- мы æрхуыдта. Тогъуызаты стыр хæдзары арт фæйлауæнтæ кодта, физонæджы тæф ирдгæ дардмæ хаста. Иукъорд гаджидауты фæстæ «лæппуйыл ном сæвæрæм» -загъ- той. Нæмттæ равзæрстой æмæ лæп- пуйы мад Томианмæ йæ къухылхæ- цæджы барвыстой, цæмæй æгъдау- мæ гæсгæ нæмттæй равзара æмæ лæппуйыл йæ мады æвзæрст ном сæвæрой... Тамиан йæ къухылхæдæгæн афтæ зæгъы: — Цы дæфæнды, уый иыл сæвæр, дæ нывонд фæуон, фæлæ мæм Тай- мураз дзæбæхдæр ном кæсы. Куыд кæсæм, афтæмæй зæгъинаг кæддæриддæр ис хъуыдыйады уæнг- ты фæстæ. Æрмæстдæр уыцы фæтк фехæлд мæнæ акæм хъуыдыйады: Раст Г.анисы хъæуы цард дыууæ сыхаджы: Сæчъынаты Боба æмæ Тогъуызаты Бибо. Ам зæгъинаæ «цард» лæууы сæй- рат «дыууæ сыхаджы» разæй. Фæлæ уымæн дæр ис йæхи аххосæгтæ. Дыууæ сыхаджы конкретизацигонд кæй цæуынц сæ мыггаэгтæй æмæ сæ нæмттæй, уымæ гæогæ зæгъинаг «цард» æвæрд æрцыд сæйраты ра- зæй. Ниаы хуызы уыд сæвæрæн зæ- гъинагæн сæйраты, конкретизатор- ты фæстæ. Нæй афтæ зæгъæн: ...дыу- уæ сыхаджы: «Сæчъынаты Боба æмæ Тогъуызаты Бибо цард». Хъуы- дыйады мидис уæд бынтон фендæр* уыдзæн, ома Ганисы къæуы æндæр^ ничи цард. Сæйраты фæстæ нымад. куы фæцæуьшц сæйраты конкрети- затортæ кæнæ исты предметтæ, уæд зæгъинаг кæддæриддæр вæййы сæй- раты разæи. Уьщы уагæвæрд афтæ- у уырыссаг æвзаджы дæр:/ Мы убирали урожай: картофельу. овощи, фрукты. К нашему полку прибыло: рус- ские, осетины, грузины. Дыккаг хъуыдыйады дæр сæй- рæттæ «русские, асетины, грузины» лæууынц зæгъинаджы фæстæ. «Азау»-æй цы скъуыддзаг æрхас- там, уым ма æмбæлы дыууæ хъуы- дыйады, сæйрат хъуыдыйады фæс- тæ кæм лæууы. Бибойы ус Томиан уыди, Бобайьг ус та — Хъаныхъон. «Кæд иуæн лæппу райгуыра, ин- нæмæн — чызг...» (вазыгджын хъуы- дыйадæй скъуыддзаг). Дымкаг (хуымæтæг хъуыдыйæдты зæгъинаг «уыди» æмæ «райтуыра» • цухгонд æрцыдысты æмæ æмбæрст- гонд цæуынц фыццаг хъуыдыйæдтьь зæгъинæгтæй. Хъуыдыйады уæнгты ахæм бæл- вырд ’конструкцийыл фыст у «Азау», стæй Секъайы иннæ эпикон уацмыс- тæ дæр. Гæдиаты Цомахъы прозаи- кон уацмысты хъуыдыйады уæнгты. равæрдæн ахæм бæлвырд конструк- ци нæй. Æрхæссæм скъуыддзаг «Фыдæл- ты намыс»-æй: Дæхци мæгуыртыл нымад уыдис рагæйдæр, царли кæмдæр хъæугæ- рон, стыр фæндаджы цу.р, быдырмæ хæстæг. Иæ хæдзар — тъæпæн, хъæмпæй- æмбæрзт, йæхи хуызæн ныллæг æмæ- мæгуыркуыз. Уæлдайдæр мæгуыр-- хуыз дардта Дæхщийы хæдзар зы- мæгон бон, уазал уддзæфы бын, ми- тæй æмбæрзт. Æ’мгæ зымæг дæр» мæлæты уазал уыдис: тъæнджьг^ м.æй тызмæгæй ^къахдзæфтæ кодта уый размæ бонтæй æмæ æхсæвтæй, хъызтæй улæфыд хохæй быдырмæ,,. бакæс-бакæс кодта Дæхцийы хæ- дзармæ дæр. Хуыцаубон уыдис абон, æмæ кæд. иннæ бонтæй ницæмæи хъауджы- дæр уыд, уæддæр Дæхиц дæр æмæ- 72
бинонтæ дæр бæрæгбоны цæстæнгас æвдыстой. Бабыз, Дæхцийы ус, архайдта арынджы цур хæдзары къуымы; Сона, се ’хсæрдæсазышон чызг, æрзоныгыл кодта артдзæсты фарс- мæ æмæ суджы къæцæлтæ æвæрдта фæздæгеалгæ артыл. Дæхци сыстади. Иæ кæрцы зæ- ронд æрбалвæста ронæй æмæ рацы- ди кæртмæ. Хæдзары раз надыл алæууыд иу- чысыл, бакасти окъæты ’рдæм: Уым Мысост, йе стдæсазыккон лæппу, бæх æмæ хъугæн хос бавæрдта. Стæй арасти уынджы ’рдæм. Æнцад фæцæйцыди хъæуырдæм Дæхци фæндагыл. йæ сæрымагъзы кæрæдзи фæдыл уадысты йæ хъуы- дытæ: «Стыр æххуыс та куыннæ кæны ныры .хицауад мæгуыртæн,— хъуыды кодта Дæхци, —фæлæ»... Йæ сабыры фæдыл, йе нæ сдзыр- ды, йе нæуæндоны фæдыл рагонау мæгуырæй баззади кæмдæр хъæугæ- рон. ’ Йæ ту.г, йæ хид акæлы йæ бинон- ^имæ йæ нартхоры хуымы гæбазыл, йæ хосгарсты гæппæлыл. Йæ мæллæг, хытъынджын бæх — Кучка, сæ ныллæг хохаг хъуг, Бабы- зы кæрчытæ — иууылдæр æм фæ- кастысты хæрз мæгуыр æмæ æна- монд, йæхи хуызæн, йæ бинонты хуызæн. Ацы скъуыддзаджы зæгъинаг æр- мæстдæр дыууæ хатты æмбæлы хуымæтæг хъуыдыйæдты фæстæ. Нæй ам бæлвырд фæтк зæгъина- джы, сæйраты æмæ фадатон дзырд- ты равæрдæн. Райсæм ма ноджыдæр æндæр скъуыд,гзаг. Скодта уазал зымæг. Мит ныу- уарыди. Æрæмбæрзтæ йæ уазал урс пæлæзæй хæхтæ. Сосæвæн- даг дæр æрæхгæдта. Æрбацыбыртæ сты адæмы фадæттæ. Комрæбып Цъалайы уыдис Бесойы хъæу. Ком- рæбыны цъалайæ-иу касти Бесо хæрдмæ æфцæгмæ æмæ-иу хъуыды- ты ныгъуылди куысты тыххæй. «Ку- сæг хъæудзæн мит мæрзынæп», — загъта Бесо æмæ иухатт араст ис æфдæлмæ ’куыстагур. Ссыдис еган- цæмæ, загъта станцæйы хицауæн. Ссардта куыст Бесо. Мызд... Мыз- дыл та чи дзырдта?! Цы дæттой, уый... Æхсæз сомы йын лæвæрдтойг мæй, уымæй дæр бузныг. Куысты ооард æм стыр амондау фæкасги- Бесомæ. Ам дæр афтæ. Зæгъинаг æрмæст- дæр дыууæ хатты æмбæлы хъуыды- йады кæрон. Æркæсæмнма уæдæ ахæм уагæй «Хъуды жоммæ», «Арагвипы ком- мæ» æмæ «Дзимыры лсоммæ». «Хъу- ды комы», зæгъинаг хъурллыйады уæнгты фæстæ кæм æмбæлы, уьтдоп сты 60 проценты. Хъуыдыйады иниæ- уæнгты разæй кæм ис, уыдом та — 40' праценты. Уьщы фæзынд харак- терон нæу Секъайы стилæн, фæлæ Цомахъы стиль тынг бæлвырдæй æвдисы. «Арагвийы 'ко,мы» дæр нæй бæлвырд-бæрæг æгъдау хъуыдьг йады уæнгты равæрды конструки- йæн. Гæдиаты Секъайы уацмысты куыд у, афтæ зæгъинаг ам дæр хъуыдыйады иннæ уæнгты разæй «æм фæзыны,уыдон æгæр арæх сты. Цомахъы стилæн уæлдай тыигдæр- характерон у «Дзимыры ком». Сæрд фæивгъуыйы, сæрд фæцæуы æмæ фæхæссы йемæ йæ хорз фадæт- тæ. Хур фыццагау ^нал тавы дуне, æмæ нал судзы зæхх йæ зынг иæс- тæй. Къултæ фæбур сты раст æврæгъ- ты онг. Оидзæр бæлæсты сыфтæртæ, пæф’ гæлæбутау, хауынц дæлæмæ, уазал дымгæ æлдариуæг кæнын байдыдта нæ бæстыл. Зымæджы нысæнттæ фæбæрæг сты алцæмæй дæр æмæ та æгас ко- мы адæмы маст æмæ -катай бацыди: куыд уыдзæн, кæм та сыл æрцæу- дзæн сæ зымæг. Асæрд фæцардыстæм куыддæр- тæй, нæ ,хдуæн фæндæгтыл тæрсгæ- ризгæ фæцыдыстæм: ^хос, суг, сæнар^ æргъæмттæй фæхастам; далæ гуыр- дзьшæ хар æл,хæнынмæ фæхатты- стæм; иудзырдæй, аирвæзтыстæм дзæбæхæй. Фæлæ зьшæг куыд уы- дзыстæм, уый та не скæнгæ хуыцауы йеддæмæ чи зоны. Зымæг нæй щæрæн нæ бæсты цы- фæнды амалæй дæр. Мит куыддæр æруары, зæхх куыд- дæр æрсæлы, афтæ^фæндаг æппын- дæр нал вæййы иу хъæуæй иннæ- хъæумæ, ныйих вæййынц къултæ, 7&
хауæнтæ æмæ бырæнтæ фестынц нæ рауайæнтæ. Æнæххуысæй, æнæцарды фадæт- тæй æгуыстæй хæххон лæг цы фæ- уыдзæн æгас зымæг, 6 мæйы онг. Æрсыты мыггагæй ма куы уаиккам, уæд бæргæ бабыриккам нæ хæдзæ- ртты къуымты æмæ лæгæтты, фæлæ нæм, æрсытау, цы цъирæм, цы стæ- рæм, уый нæ вæййы, цы бахæрæм, сУæй цæмæй ма ныссæлæм бынтон- дæр уазал хъызт зымæджы. 'Хæххон а-дæмы зынтæй иуæй дæр цух не стæм, рухсы цъыртт нæ уы- нæм, æнæзæххæй мæгуырæй мæлæм, æнæахуырæй талынгæй лæууæм, къæдзæхты астæу, сырдты хуызæй, нæ — уынаффæгæнæг, нæ — исты бамбарынгæнæг. Цы ма хъуыдаид уæлдайдæр лæджы тыхстæн?! Фæлæ Дзимыры комыл ноджы тынгдæр хæс æмæ стырдæр уаргъ æвæрд ис. ’ Тыхæй-амæлттæй дæр дзы нæ вæййы фæцæрæн зымæг. Раст æгас хъæутæ æд ис, æд бинонтæ фæлидзынц, фæцæуынц «хизани», 1«хорхæрынмæ» гуырдзы- мæ — ногозамæ, Гæрæмысы хъæу- мæ, Мухрантæм, æмæ уым афтид сæ гуыбыны хардзыл, кæрдзыны мурыл, ссады къæрмæгыл ныллæу- уынц æххуырсты: кæм—дондзау, кæм — кæртмæрзæг, кæм — сугсæт- тæг... Гъеныр дæр >та нæ бирæтæ хъуыдыты ныгъуылынц, мæт сæ бацыди: «Куыд та цæудзыстæм, кæм та æрæнцайдзыстæм, кæмæн та кусдзыстæм, кæм та рауай-бауай кæндзыстæм хæдзари-хæдзар?.. Ацы уацмысы та зæгъинаг хъуы- дыйады иннæ уæнгты фæстæ кæм ис, уыдон сты бирæ къаддæр, хъуы- дыйады иннæ уæнгты разæй кæм æмбæлы, уыдонæй. Уæдæ афтæ, 1906-æм азы «Ирон газеты» Фæсхохаджы номыл ны уацтæ («Хъуды ком», «Арагвийы ком», «Дзимыры ком») мыхуыр æр- цыд, уыдон сæ синтаксисон арæзт- мæ гæсгæ характерон сты Гæдиаты Цомахъы стилæн, иумæйагæй сын ницы ис Гæдиаты Секъайы стили- мæ. Фæсхохаг, зæгъгæ, ахæм псев- донимимæ мыхуыргонд æрцыд но- джыдæр æндæр уац, уый дæр «Хъу- ды ком», зæгъгæ. фæлæ уыцыуац Цомахъы нæ, фæлæ Секъайы фыст у. Бæрæгу йæсинтаксисон конструк- цийæ. Ам дæр, Секъайы уацмыстæи типикон чи у, уыцы миниуæг бæрæг- бæлвырд дары. Зæгъинаг фæзыны хъуыдыйады иннæ уæнгты фæстæ зæгъæм: Бæрзонд къæдзæхтæ, уынгæг на- рæг ком, ингæнмæ кæсæгау, адæмы зæрдæ æнкъард кæны. Хуры ’рба- каст хохæй-хохмæ тын анывæнды, фæлæ уæддæр Хъуды комы рæбын- тæ сау талынг мæйдар хуыз æвди- сынц». Ахæм уагыл фыст у уац. Æр- мæстдæр дзы æмбæлæм, уыцы фæтк хæлд кæм цæуы, цалдæр ахæм хъуыдыйадыл. Кавказы хохы астæу кæуын цæс- тæнгас дæтты Хъуды комы нарæг. Арвæй сын куы нæ ис хай... Хъуды комы нарæгмæ сæ кæсын нал уадзынц суг ласынмæ. ...Чысыл дзидзидай сывæллæттæ сидзæрæй кæд нæ баззайой сæ ный- йарджытимæ кæугæ-дзыназгæ. Уæдæ бегара ’ бахъуыди, раздæр Хъуды комы адæмы Млеты фев- зæрын кæнынц æд уæрдæттæ. Æфцæг сæхгæдта, фæндаг нал ис, уæд сæ раздæр Гудаурмæ сынтъæ- рынц æд фиййæгтæ. Ноджы сыл июны мæй тугуарæ- ны их æруарыди, хъазы айчыстæв- дæн. Диссаг уыдзæни, Кавказы стонг адæмты ’хсæн та Хъуды ком рохæй куы баззайа, куы ницы сын бах- хуыс кæной, .уæд. Чи зоны, уыцы хъуыдыйæдты конструкци дæр Секъайы æрмдзæф нæу, фæлæ редакци кæнгæйæ фæ- зындысты. Æмбæлынц ма дзы мæнæ ахæм хъуыдыйæдтæ. Зæгъинаг — мивди- сæг, фæрсдзырдтæй фæстæмæ, вæй- йы хъуыдыйады иннæ уæнгты фæ. стæ: ...Ратдзыстæм уын æй, зæгъгæ. ...æмæ уын æй ратдзыстæм, зæгъгæ. Фæцин кодтой, ныр кæд уæддæр зындонæй фервæзиккам, зæгъгæ. Æфсад бахъуыди, уæддæр афтæ. Цомахъæй хъауджыдæр Гæдиаты Секъайы синтаксисæн ма характе- рон у уый дæр, æмæ йæм тынг арæх æмбæлынц хуымæтæг хъуыдыйæд- тæ. Вазыгджын хъуыдыйæдтæ — стæмдæр хатт. "74
Вазыгджын хъуыдыйæдтæ та вæй- ?1ынц арæхдæр бабæтгæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ, домгæ вазыгджын хъуыдыйад та йæм хæрз стæм у, уымæй дæр, къаддæр уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ кæм вæййы, ахæм. Бабæтгæ вазыгджын хъуыдыйад дæр Секъа аразы дыууæ кæнæ æр- тæ хуымæтæг хъуыдыйадæй, къорд .хуымæтæг хъуыдыйæдтæй хизы йæ синтаксис. Цомахъмæ та Секъайæ арæхдæр æмбæлы домгæ в»азыг- джын хЪуыдыйæдтæ къорд уæлæм- хæст хъуыдыйадимæ. Стæй ма. мæ- нæ ахæм вазыгджын конструкцитæ дæр: «Зымæг, тымыгъ куы сысты æмæ :миты тымбылтæ куы ’ппары фæзи- лæнтæй, уазалæй бæстæ куы ныс- сæлы, зæй куы рацæуы æмæ нын нæ хæдзæрттæ йемæ куы рахæссы, суджы къæцæл, кæрдзыны къæбæр куы шл вæййы, сабитæ куы ниуынц стонгæй, сыдæй, æмæ цæрыны фа- дат куы нал арæм, уæд нæ бæстæм æнæбары ’рбафтæг бæлццон ныууы- нæргъы æмæ зæгъы...» («Хъуды ком»). Уæдæ афтæ, фæсхохаджы фæсно- мыгимæ 1906-æм азы «Ирон газе- ты» цы уацтæ фæзынд («Хъуды ком», «Арагвийы ,ком», «Дзимыры ком»), уыдон сæ стилистикон ми- ниуджытæм гæсгæ сты Гæдиаты Иомахъы фыст. НАФИ КÆЙ УАЦТÆ СТЫ - СЕКЪАЙЫ ÆВИ ЦОМАХЪЫ? 1906 азы «Ирон газеты» фыццаг, ’зсртыккаг æмæ стæм номыры мы- хуыр æрцыдысты æртæ уацы иу рубрикæ «Хуссары Ирæй», зæгъгæ, уый бын — «Хъуды ком», «Арагуийы ком» æмæ «Дзимыры ком». Авторы . помы бæсты сыл ис фыст фæсномыг «Фæсхохаг». Дыккаг ирон газет «Ног царды» дæр ацы фæсномыджы хицау ным- мыхуыр кодта æртæ æмдзæвгæйы («Фæдис», «Сагъæстæ», «Цырыхъ æмæ къалос»), дыууæ «историаг таурæгъы» («Хазбийы фын», «Аб- хадзийы хæст») æмæ фондз та публицистон уацтæ («Цæраты Ир», «Некролог», «Цæгаты Ир», «Фыс- тæг газетмæ», «Хъуды ком»). Куыд рабæрæг, афтæмæй’ ацы уацмыстæ сеппæт дæр’ сты Гæдиаты Секъайы фыст æмæ фæсномыг «Фæсхохаг» дæр у Секъайы фæсномыг. Зыдта ацы хабар Гæдиаты Цо- махъ дæр. Фыццаг уый ныффыста (1929 аз), з^гъгæ, «Ног царды» фæрстыл Секъа йæ уацмыстæ мы- хуыр кодта псевдоним «Фæсхоха- джы» номыл: «Уæлдæр ранымад æмбæлттæ уыдысты газеты сæйраг æмæ ахсджиагдæр кусджытæ, Фæ^ лæ ма уыдон уæлдай газеты сæ уацмыстæ мыхуыр кодтой Гæдиаты С, (Фæсхохаг), Гæдиаты Ц. (Цо- махъ), Гаглойты А. (Музукк), Сана- хъоты Пъ., Тыбылты А. æмæ æн- дæртæ»1. Иугæр афтæ у, уæд «Иррн газе- ты» цы уацтæ ис «Фæсхохаджы» номыл, уыдон дæр æнæмæнг Секъа- йы фыст сты, — ахæм хъуыдыйыл ныллæудзæн алы литературæзонæг дæр. Афтæ хъуыды кодтон æз дæр æмæ уыцы уацтæ бахастон ^Секъа- йы «Равзаргæ уацмыстæм», 1959 Гæдиаты Цомахъ, Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1959, фарс 403. 75
азы Сталиниры цы чиныг рацыд, уый скондмæ. Æз афтæ хъуыды кæ- нын ныр дæр, фæлæ... 1924 азы Цомахъ фыста йæ фыц- цаг уац ирон лериодикæйы тыххæй æмæ, æвæццæгæн, уыцы рæстæджы ссардта «Ирон газеты» комплект. Уым ныффыста уæд кæ-нæ та фæс- тæдæр, ома уыцы уацтæ сты уый фыст. Ацы хабар æз зыдтон, фæлæ мæм уæд дæр æмæ ныр дæр кæсьт æнæбындур претензи. Цæмæй пре- тензийæн исты быцдур фæзына, уый тыххæй хъæуы бæлвырд аргу- ментты системæ. Цомахъæн й.æхи ныхæсты фæдыл ацы уацты автор Фæсхохаджы нæ, фæлæ Цомахъы рахонæм, уый ницы хуызы уыдзæн раст, Фæсхохаджы номыл Секъа кæй мыхуыр кодта йæ уацмыстæ, уымæн ис бирæ цæвиттонтæ, уыцы фæсномыгæй Цомахъ дæр пайда кодта, зæгъгæ, уымæн та нæй иу фактон бæрæггæнæн дæр. Фæлæ иугæр Цомахъы претензи ис, стæй йæ рæгъмæ рахаста Салæгаты Зоя йæ чиныджы ирон прозæйы тыххæй, уæд ыл тæрхон хъæуы. Салæгаты Зоя фыссы: «...в кни- гу включены произведения, не при- надлежащие Сека Гадиеву». Æмæ нымайы, «Ирон газеты» Фæсхоха- джы номыл цы уацтæ мыхуыр ис, уыдон. Куы загътон, цалынмæ Цо- махъы претензи бæлвырдгонд æр- цæуа дырыс аргументты бындурыл, уæдмæ алы текстолог дæр ацы уац- тæ æнæмæнг хæсдзæн Секъайы уац- мыстæм. Æз сæ кæй бахастон, уый дæр уыд раст текстологон тæрхон, Фæлæ ам мæ дзырды сæр ууылттæу. Иугæр претензи фæзынд, уæд рав- зарын хъæуы, йæ фарс æмæ йæ ныхмæ цы аргументтæ ис, уыдон, цæмæй рабæрæг уа объективон æцæгдзинад. Быцæуаг фарст аскъуыддзаг кæ- нынæн æцæг фактон бындурæй ницы ис, фæсномыг «Фæсхохаг» Се- къайы кæй, уыд, уымæй дарддæр. Уыйадыл нæ фарст æвзаринаг у иу- нæг ам^алæй: уацмысты мидисы æмæ " стилистикæйы бæрджытæм гæсгæ. Уыцы баерджытæ уыдзыеты нæ аргументтæ. Уьщы бæрджытæ Секъайæ, Цомахъæй кæй сфæлды- стадыл хуыздæр фидауой, уый та уыдзæн быцæуаг - уацты автор. Салæгаты Зоя иу аргумент дæр> не ’рхаста йæ позици бафидар кæ- нынæн, — уымæн фаг у Цомахъы загъд, уый претензи. Цомахъы тых- хæй цы монографи ныффыстон, уым ис ахæм ныхæстæ дзырддаг уацты ’атрибуцийы фæдыл: «И по своим стилистическим особенностям, по манере изложения, по поднимае- мым вопросам и географическим реалиям статьи, опубликованные в «Ирон газет», скорее всего принад- лежат перу Сека». Мæ оппонент ар- гументæн ницы æрхаста мæ ных- мæ, фæлæ мын мæхи ныхæстæй мæ былтæ адаудта: «...именно по этим признакам..., по стилю публицис- та, по почерку... их сразу можно узнать как статьи Цомака Гади- ева». Салæгон «публициеты стиль æмæ почерк» цы хоны, цахæм бæрджы- тæм гæсгæ базыдта «уайтагъд» (сразу!) уацты авторы, уый бæрæг нæу æмæ йемæ быцæугæнæн нæй. Фæлæ мæ формулæйы дæр æгомыг тезистæй дарддæр ницы ис æмæ бахъæудзæн мæ хъуыды, мæ аргу- менттæ æргом радзурын. Уæд фæ- зындзæн бындур конкретон литера- турон быцæуæн. Ныр та нæ ныхæс- тæ сабиты хылау рауадысты: «аф- тæ у» æмæ «афтæ нæу»-æй дарддæр ницы ис нæ быцæуы. Мæ аргументаци нымайыны раз~ мæ бæрцæй дыууæ ныхасы Джиоты Хазбийы уацы фæдыл. Хазби дæр ни- цы аргументтæ ссардта Салæгоны хъуыды бафидар кæнынæн, фæлæ сæ агургæ кæй кæны, уый йæхæдæг хорзы нысан у — хаты йæ, ацы фарстæн «Цомахъ загътайы» бын- дурыл скъуыддзаггæнæн кæй нæ ис. Цы аргумент ссардта, уый та у сыгъдæг формалон, уацты мидисæй иппæрд. Хазби зæгъы: Секъайы уацмысты хъуыдиад фылдæр хатт фæуд кæны мивдисæгыл, Цомахъ- мæ та афтæ нæу æмæ уый у сæ про- зæйон фыстыты стилы сæйраг хи- цæндзинад. Уый мæнг хъуыды у: хъуыдиады кæрон цы дзырд ис (ми- вдисæг, номдар, фæрсдзырд æмæ а. д.) уымæн конкретон стилйсти- 76
кон функци куынæ уа, уæд ницы давы авторы стилистикон системæ- йы. Хазби йæкæдæг куыд ньимайы, афтæмæй дæр сын нæй ахицæнгæ- лæн Секъа æмæ Цомахъы стилтæн уьщы миниуæгмæ гæсгæ: дыууæтæ дæр хуымæтæджы информацион хъуыдиады кæронæй æвæрынцфыл- дæр хæттыты мивдисæг дзырд. Сти- листюкон акцент куы февæрынц, уæд та хъуыщдаг баст у мидисыл, ома мидисмæ гæсгæ акцент куы вæййы сæйратьш, куы та зæгъина- гыл% Уьцдонæй разæй кæнæ фæсте- йæ чи ис, уымæ гæсгæ нæй базонæн автордзинадæн. Хъуыддаг афтæ æн- цон куы уаид, уæд зæгъиккам: Цо- махъы æмдзæвгæ «Æрцыд, ныл- лæууыд уалдзæджы» фыццаг куп- ,лет Цомахъæн йæхи фыст у, уы- мæн æмæ з’æгъинаг ис сæйраты ра- зæй: Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг, Æрцыд, ныллæууыд май. Æрцыд нæ уарзон уалдзæг, Ныллæууыд диссаг май. Фæлæ æмдзæвгæйы дыккаг куп- -лет Секъайы фыст уыдзæн, уымæы ^æмæ ам сæйрат ис разæй, зæгъи- наг — фæстейæ: Фыдуаг зымæг фæфæстæ, Фыдуаг зымæг фæци. Нæ къуылдымтæ, нæ фæзтæ Ысфæлыстой сæхи, ^ Науæд, ахæм принципыл лæу- тæйæ, Цомахъы «Арв нæры» иууыл- дæр Секъайы фыст рахонæн ис/ Уым цыппар æмæ ссæдз цæвитто- нæй æрмæст дыууæ раны ис зæгъи- наг сæйраты разæй. Æмдзæвгæ- конд у цыбыр хуымæтæг хъуыди- æдтæй æмæ фылдæр-фылдæры зæ- тъинаг (мивдисæг) хъуыдиады кæ- рон ис, кæй зæгъын æй хъæуьк Арв нæры... Хæхтæ нырризынц. Къæдзæх ызгъæлы. Айнæгмæ айнæг сусæгæй сиды. Комы улæфтмæ бæлас ызмæлы. Фурды фæйлауæн мæстæй Г æхсиды. Хазбийы принципæй уый сыгъдæг Секъайы фыст у, æцæгæй та Цома- хъы у. Æвæццæгæн, вазыгджын фарсты- тæ ахæм æвиппайды æрбаймысæг- гаг «аргументтæй» нæ лыг кæнынц. Стилы æууæлтæ кæм нæй, уым агу- рын сæ нæ хъæуы, науæд дзы къæмдзæстыгæй дарддæр ницы ра- уайдзæн. Ноджы ма иу хабар: Хазби йæ принципыл дæр фæдфæдылон æгъ- дауæй куы хæцид, уæд ма йын бам- барæн уаид, фæлæ йæ нымайын æгæр хинæй аразы. Уый публицис- тон уацтæ публицистон уацтимæ нæ бары, фæлæ аивадон уацмыстимæ. Уый уал дын иу хин. Дыккаг: дзырддаг æртæ уацы мыхуыр сты «Ирон газеты» иу мæйы дæргъы. Уыцы газеты æмæ уыцы иу мæйы дæргъы Цомахъ ныммыхуыр кодта йæхи номыл дыууæ уацы — «Уæрæ- сейы цард» (2—3 номырты) æмæ <-Не скъолатæ» (5 номыры). Цымæ ацы уацтимæ цæуылнæ æмных кæ- ны Хазби дзырддаг уацты: кæд Цо- махъы сты, уæд хъуамæ уыцы уац- ты хуызæн ,уой æппæт се скондæй æмæ стилистикон æууæлтæй? Не ’мных кæны, уымæн æмæ уæд йæ «аргумент» хаугæ кæны. Æмæ ма фæстаг фиппаинаг. Хъуыдиæдты кæрæттæм гæсгæ нæй базонæн автордзинадæн, уымæн дæр æмæ уацтæм редакцийы фæ- ныхылдтой. Ивтаиккой , дзырдты бынæттæ дæр, дихтæ кæнæ иутæ кодтаиккой хъуыдиæдтæ æмæ ма сын ныр цы хуызы ис сбæрæггæ- нæн? Дзырдæн, Секъайы æмдзæв- гæ «Фæндырдзæгъдæг» -мыхуыр у уыцы газеты стыр ивдтытимæ. Ныр зын зæгъæн у, уыцы ивдтытæй ав- тор цы бахаста æмæ дзы газеты редакцийы кæцы у, фæлæ дзы иу ивддзинад бæлвырд у — редакци æмдзæвгæйæн аивта йæ ном æм<æ йæ рахуыдта сыгъдæг уырыссаг номæй «Хорз сахат!..», ома «В добрый час!..» Прозæйыл ноджы къаддæр кæй аудыдтаиккой, уый мæ цæстыл уайы. Афтæмæй тексты хъуыдиæд- ты кæрæттæ нымай, уый дзæгъæлы куыст у æмæ йыл нал дзурын. Фæ- лæ стилистикон æууæлтæнымаинаг сты æнæмæнгæй. 77
Секъа æмæ Цомахъ фыд æмæ фырт уыдысты. Цомахъ йæ фыдыл сахуыр ирон дзырд уарзын дæр æмæ ирон аив дзырдарæхст дæр. Æмæ уый адыл сæ аивадон стилы дæр, уæлдайдæр та сæ публицис- тикæйы стилы, ис иумæйаг ми- ниуджытæ. Уый дзырддаг нæу æмæ йыл бирæ ныхас нæ хъæуы. Ам сæй- раг у бахынцын, уыдонæн сæ фыс- ты стилистикон миниуджытæй спе- цификон чи у алкæмæн дæр, уый. Ахæм миниуджытæ та сты фыцца- джыдæр сæ биографион хицæндзи- нæдтæй ратæдзгæ. Фыццаг уый, æмæ Секъа райгуырд, схъомыл æмæ 27 азмæ фæцард, фæтухи код- та хохы уавæрты, Хъуды комы. И.у- дзырдæй, псевдоним «Фæсхохаг» кæд искæуыл фидыдта «Ирон га- зеты» автортæй, уæд æцæгдæр Се- къайыл. Цомахъ гуыргæ Хъуды ко- мы ракодта, фæлæ йыл афæдз дæр нæма цыди, афтæмæй йæ йæ ный- йарджытæ рахастой Цæгат Ирмæ æмæ йæ сабийы бонтæ дæр, йæ ахуыры азтæ дæр æмæ æппæт йæ цард дæр арвыста Цæгат Иры бы- дыры хъæуты (Даргъ-къох, Джы- зæл) æмæ Дзæуджыхъæуы. Цомахъ фæсхохмæ нæ, фæлæ иумæйагæй хохмæ дæр ницы бар дардта, быди- раг лæг, горæттаг интеллигент уы- ди. Дыккаг уый, æмæ Секъа зæхку- сæг лæг уыд йæ цард-цæрæнбонтьк стæй уымæй дæр фидар баст канд Цæгат Иры хъæууон адæмы цар- димæ нæ, фæлæ ма йæ райгуырæн Хъуды комы адæмы цардимæ дæр —æдзух уыди сæ фæдисон, сæ сæ- рылдзурæг, сæ ныфсы лæг, йæ мæ- лæт дæр уыдон хъастыл зилгæйæ æрцыди. Цомахъ астаздзыдæй рай- дыдта ахуыр кæнын æмæ суанг 1908 азмæ, куы йæ æрцахстой, уæды уонг, йæ цард скъолайы арвыста, ахуырдзау уыди. Æртыккаг уый, æмæ Секъа схъо- мыл ирон адæмы культурæйыл: фольклор, адæмон дзырдарæхст, адæ^ы этикæ.. Уый фæстæ та, чи- ныджы кæсын куы базыдта, уæд йæ интеллекты рæзтыл фæзынди гуырдЗ’иаг чиныджы æндæвдад. Се- къа иттæг хорз зыдта гуырдзиаг æвзаг, æмæ гуырдзиаг периодикон мыхуырмæ та йæ хъус дардта кæд- дæриддæр. Ацы хъуьгддаджы Цо- махъ æндæр традицийыл хъомыл- уыд, — уый байрæзт уырыссаг клас- сикон литературæйы дæлбазыр, гуырдзиагау нæ зыдта, фæлæ иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг æвзаг æмæ йæ фыццаг поэтикон фæлва- рæнтæ дæр фыста уырыссагау. Уæдæ афтæ, Секъа æмæ Цомахъы уацмысть; стилистйкон миниуджы- тæм хъуамæ уа æртæ спецификон хиады — Секъайы сфæлдыстады фылдæр бынат ис фольклорон бæр- джытæн, гуырдзиаг культурæ æмæ æвзаджы æндæвдадæн, хохаг адæй- маджы психологи æмæ цардуаджы, зæрдæхатт æмæ сагъæсты нысæнт- тæн; Цомахъы сфæлдыстады та фылдæр бынат ахсынц, уæлдайдæр йæ рагфыстыты, уырыссаг культу- рæ æмæ æвзаджы æндæвДад, интел- лигенты культурон уавæрты гакк, быдираг адæймаджы царды уавæр- тыл баст психологи æмæ зæрдæ- хатт, стæй уыцы уавæртæй равзæр- гæ аивадон фæрæзтæ. Ацы спецификон миниуджытæ нæ зæрдыл куынæ дарæм, уæд нын зын равзарæн уыдзæн фарст стили- стикæйы бæрджытæм гæсгæ. Æз сæ нæ рох кодтон, быцæуаг уацтæ Се- къайы чиныгмæ куы хастон, уæд. Æмæ мæнæ мæ аргументтæ, æртæ уацы тыххæй дæр, уыдон фæд-фæ- дыл æвзаргæйæ. I. Хъуды ком. Цомахъ дзы зæгъы йæ ныммыхуырæй 18 азы фæстæ: «Моя корреспонденция из Закавка- зья». Ацы формулæ йæхæдæг дæр дызæрщыггаг у — Хъуды ком уацы авторæн «Закавказье» уыдаид, уый никæй бауырндзæн. Уац ахæм зæр- дæрисгæ фыст у,. æмæ йæ æрмæст Хъуды цæрæг ныффыстаид афтæ тыхст æмæ. мæстыйæ. Ноджы ма уый, æмæ газеты фæрстыл уыцы æртæ уацы мыхуыр сты бæлвырд рубрикæйы «Хуссары Ирæй», Фæс- кавказæй нæ, фæлæ. Газеты редак- ци уыцы уацтæ нæ дæр корреспон- денцийыл нымадта, — ахæм номæй уыдон хуыдтой хуымæтæджы ха- бæрттæ, æрвылбоны информаци, æмæ сын уыди сæрмагонд рубрикæ. Куы зæгъын, уац у стыр зæрдæ- рисæй фыст. Уый у йæ сæйраг сти- листикон æууæл. Хъуды комы чи 78
фæцард, адæмы уавæр лыстæггай чи зоны, сæрд дæр дзы чи уыд æмæ зымæджы фыдвадаты дæр, ахæм лæджы фыст у. Æмæ ахæм лæг та уыди Цомахъ нæ, фæлæ Секъа. Цомахъ искуы Хъуды комы уыди æви нæ 1906 азы уонг, уый дæр бæ- рæг нæу. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма нæ уыди. Кæд уыди, уæддæр, чи зоны, искуы сæрдыгон каникулты рæстæджы, уымæн æмæ иууылдæр ахуырыл уыдис чысылæй фæстæмæ. Зымæг дзы кæй никуы уыдй, уый та æнæмæнг у. Афтæмæй та уац конд у сæрд æмæ зымæджы конт- растон нывæй. Æмæ сæрды ныв цы- фæнды фод, фæлæ зымæджы н’ыв комкоммæ Секъайы пейзажон ныв- тæм гæсгæ конд у. Стæй дзы ахæм деталтæ ис, æмæ сын æддагон лæ- джы цæстæй фенæн нæй, хохы иу зымæг уæддæр чи нæ арвыста, уый сын ницы рахатдзæн æмæ сыл нæ дæр йæ зæрдæ рисдзæн. «Зымæг тымыгъ куы сысты æмæ миты тымбылтæ куы ’ппары фæзи- лæнтæй, уазалæй бæстæ куы ныссæ- лы, зæй куы рацæуы æмæ нын нæ хабдзæрттæ йемæ куы рахæссы, су- джы къæцæл, кæрдзыны къæбæр, куынæуал вæййы, сабитæ куы ни- уынц стонгæй, сыдæй, æмæ цæрыны фадат куынæуал арæм, уæд...» — афтæ нывæнды йæ зымæджы ныв Фæсхохаг, æмæ уьщы нывы алчи дæр фендзæни Секъайы аивады бæрджытæ. «Тымыгъ куы сысты æмæ миты тымбылтæ куы ’ппары фæзилæнтæй», — уый иугæндзон фæлхатæн у Секъайы зымæджы нывты, раст типографон клишейы хуызæн у æмæ йæ алчи дæр рахат- дзæн. Мæнæ Азау Урстуалтæм Тай- муразы агурæг куы рараст, «Хъелы æдзæрæг хохмæ куы схæццæ, уæд бæстæ ныммæйдар, митæмхæццæ зæгъ уарын байдыдта. Цæгатфарсы тымыгъ хохæй-хохмæ миты тым- былтæ æппæрста...» Мæнæ радзырд «Саударæг усы» райдиан: «Хъуды комы зымæг мит фылдæр уары, уый тыххæй æмæ цæгатфарсы тымыгъ Кавказы хохы сæрты миты хъæ- пæнтæ ингæнмæ калæгау фæка- лы...» Мæнæ ноджыдæр «Саударæг усы» кæсæм æрæгвæззæджы ныв: «Хохы цыргъытыл мит æрхæцыд. Цæгатфарсы тымыгъ риуыгътытæ систа, æфцæгæй-æфцæгмæ сау ми- гъы тымбылтæ хаста...» Мæнæ Се- къайы æнæдзырддаг публицистон уац, уый дæр «Хъуды ком» хуый- ны, фæлхатт кæны уыцы ныв: «Зы- мæг цæгатфарсы тымыгъ Хъуды нарæг коммæ, ингæнмæ æппарæ- га, миты хъæпæнтæ калы...» Æппæт ацы нывтæ иу фæлгонцы варианттæ кæй сты, иу къухæй фыст кæй сты, уый хъуамæ дызæр- дыггаг макæмæн.уа. Ноджы ма иу хабар: Хъуды ко- мы царды ныв зымæг æмæ сæрд контрастон кæй у, ууыл арæзт у ацы быцæуаг уацы райдиан æмæ* раст ахæм у «Саударæг усы» рай- диан дæр. Автор сæрды бæллиццаг ныв аразы æмæ йæ фæдыл зæгъы: «Ацы дзæнæтон бæстыл фæцæйцæ- угæйæ, лæджы зæрдæ афтæ схорз вæййы, æмæ арв:ы ,милтыл йæхи асæрфы. Фæлæ сæрд афтæ хорз куыд у, уыйас та зымæг талынг зындон цæрæн у». Фæсхохаджы «Хъуды комы» дæр афтæ у нывы конд: сæрдыгон чи фены Хъуды ком, уый зæрдæмæ фæцæуы. «Мæнæ дзæнæт», — фæ- зæгъы алчи дæр, нæ цард нын чи нæ зоны, уый. «Фæлæ зымæгон «æнæбары æрбафтæг бæлццон ныу- унæргъы æмæ зæгъы: «Зындон... зындон...» Куыд уынæм, афтæмæй нывы деталтæ дæр, йæ контрастон арæзт дæр æмæ йæ хаццæг дæр (сæрд — дзæнæт, зымæг — зындон) иухуызон сты æмæ сæ автор дæр æнæмæнг иу у, ома Гæдиаты Се- къа, йæ зæрдæ æнустæм Хъуды ко- мы кæмæн баззад, уыцы Секъа. Зымæг — зындон æмæ зынвадат бæстæ — зындон, ацы хъуыды би- рæ хæттыты æмбæлы Секъайы уац- мысты. Фæлæ дзы æрхæссæм иу цæвиттон. 1905 азы рацыдис «Ирон фыййау», Секъайы поэтикон уац- мысты фыццаг æмбырдгонд. Уым кадæг «Иунæджы» комкоммæ ис ацы хъуыды æмæ комкоммæ ацы ныхæстæй: Нæ хохы зындон — Зымæг дæр æрцыд. Кадæджы комкоммæ Ганисыл цæ- ^ы дзырд («Дæ чызджы курæм, Га- цисы цæрæм») æмæ æмткæй та Хъуды комыл æмæ уым та канд 70-
збшæг нæ, фæлæ цард дæр у зын- дон: Æвадат бæсты ^Мæгуырæй цардтæн... Кодтон-иу мæсты, — Сыдæй дзы мардтæн. Уацы дæр афтæ куы дзуры фæс- хохаг «...мах не ’ппæт дæр нæ бæс- тæ зындон хонæм». Æмæ сæйра- джыдæр уымæн, æмæ дзы нæй зæхх. Зæххъуагдзинады фарст, — уый у Фæсхохаджы уацы астæумагъз. Æмæ ма ахъуыды кæнæм, кæй тынг- дæр æндæвта уыцы фарст — Секъа- йы æви Цомахъы? Дзырд дæр ыл нæй, хохаг адæмы зæххъуагдзинад, уæлдайдæр Хъуды комы адæмы цухдзинад зæххæй, Секъайæн уы- ди йæ дзуринæгты сæр, йе ’нусон рис. Секъа йе стихты æдзух зæх- хъуаг хохаджы мæгуырдзинадыл дзуры. Уый йæ цæргæбонтæ зæхмæ бæлгæйæ батыдта, йæ бирæ бинон- ты æххуырсгæ зæххыл кусгæйæ дардта æмæ ууыл тынг фидауынц мæнæ ацы ныхæстæ: «Лæг зæххыл хæст у. Зæхх — уый йæ царды уи- даг, йæ амонды бындзæфхад, уый йæ фæндты сæр». Цомахъыл ахæм къуындæг программæ не сфидыд- таид, æгæр фенæг æмæ ахуыргонд лæг уыди ахæм иувæхсыг хъуыды- йæн. Дзырд дæр ыл нæй, Цомахъ дæр ныффыстаид зæххы фарсты гыххæй,- фæлæ уымæн йæ цæстæн- гас уæрæхдæр уыдаид, йæ хъуыды та — революцийы иумæйаг æппæт- уæрæсейон процессыл баст. Ахæм хуызы, æцæгдæр, ис зæххы кой йæ уац «Уæрæсейы цард», зæгъгæ, уым. Секъайæн зынаргъ æмæ иттæг хорз зонгæ уыди хохаг зæхкусæджы царды уавæр, æмæ уый адыл йæ ныхас къуындæг кæд уыди, уæддæр конкретон деталтæй æмæ мæстæг змрцийæ -амад. Мæнæ куыд ныв кæ- ны йæ бæстæ æмæ йæ царды фадат хъудыкоймаг автор, ома Фæсхохаг. «Нæй зæхх! — уый нæ сагъæс, уый нæ мæт. Цыдæриддæр ма дзы уыд зæххæй, дон æй фæласта йемæ, дæ- лæмæ, цъаламæ. Æрхытæ кæм нæ уыд, уым æрхытæ фæзынд, кæрдæг кæм фæйлыдта, уыцы фæзтæ бай- дзаг сты дуртæй, хуымты бынæтты гом къæйты фæрстæ сæхи радяпд- той. Лæг дзы гутон кæм æрæвæра. лæг дзы цæвæгæй иу риуыгъд кæм ракæна, уый нал ис... Æхсырф, мангалы сызгæ сты къæбицы, цы сæ кæрдой, уый нæй æмæ... Куыст ыссарын мыздыл, уый та ды зæгь. Фос... æмæ уый дæр цы пайда у: уыдонæн дæр уæтæртæ, хизæнтæ хъæуы, ратæр-батæр сæ хъæуы куы Гуырдзымæ, куы Хъызларырдæм, сæ тухийы аргъ дæр ницы дæт- тынц». Ацы афыст Секъайыл фидауы æп- пæтæй дæр, фæлæ Цомахъыл — ни- цы хуызы. Ноджы ма иу крнкретон хабар. Цымæ Цомахъ цæмæй зыдта мангалы цы у, уый? Быдираг уа- вæрты чи схъомыл Цæгат Иры, уый ацы дзырд нæ зыдтаид. Нæ йæ зыд- той, Цомахъы цыппартомон чи цæт- ’тæ кодта, уыдон дæр æмæ йæ ап- пæрстой, нæй Секъайй равзаргæ уацмысты дæр. Афтæ мæм кæсы, цыма йæ нæ зонынц Салæгон æмæ Джиойы фырт дæр. Секъа, гуырдзи- аг æвзаджы æндæвдады бын, стæй Хъуды комы гуырдзыйы (хады) фарсмæ. цæргæйæ, зыдта уыцы дзырд æмæ дзы пайда дæр кодта^ «Ирон газеты» редакци йæ кæй нæ" аппæрстой, уый диссаг нæу — æнæ- зонгæ дзырд, æнæзонгæ царды уа- вæрты бæрæггæнæн, æмæ йын æп- парæн нæй, фæсхохаг царды гакк у æмæ йæ сæхæдæг æмбардзысты. Ацы уацы ма хъуыдиаг у æндæр хДбардæр: æгæр бæстæтты зоны ав- тор, Хъуды ком зæхх кæмыты агуырдтой, уый. Хъуыды хъуыддаг- гæнæг уыди æдзухдæр Секъа æмæ сæ уый зыдтаид, фæлæ Цомахъæн уыдон иппæрд хабæрттæ уыдысты. Сиракы зæххы хабар та афтæ бæс- 1æтты фыст у æмæ дзы чи нæ уы- даид, уый йæ нæ ныффыстаид. Се- къа дзы уыдаид, Цомахъ — нæ, уый фадат ын нæ уыд. ч Секъайы текстты арæх æмбæ- лынц дзургæ ныхасы бæрджытæ — «куыст ыссарын мыздыл, — уый та ды зæгъ», — Цомахъ сæм æмхиц нæ уыди. Секъайы тексттæ хъацыд сты цитаттæй, Къостайы стихтæй, Цома- хъы прозæйы æмæ публицистикæйы ахæм хабар не ’мбæлы иу ран дæр. Пс ахæм цитатæ быцæуаг уацы дæо: «Зæрдæйы бирæ цыдæртæ фæ- фæнды» — «Бирæ цыдæртæ мæгуы- $0
ры фæф&нды» (К/ьоста). Йскæйны- хæстæ нымайгæйæ, Секъа арæх пай- да кæны «дам»-æй, ацы уацы дæр ис уыцы миниуæг, Цомахъы публи- цистикæйы та æппындæр нæй. Æмæ ма иу хабар. Уац тынг æн- гæс у, Секъа-Фæсхохаг иу афæдзы фæютæ «Ног цард» газеты цы уац кыммыхуыр кодта, уыимæ. Фæстаг уацы ном дæр хуыйны «Хъуды ком», уымæн дæр йæ авторы фæснбмыг у Фæсхохаг. Дыууæ дæр сты иу сти- лыл æмæ иу фарсты фæдыл фыст: нæй Хъуды адæмæн зæхх, нæй дзы зымæг фæцæрæн, хицæуттæ сын зæхкæй ныфс æвæрынц, фæлæ сæ фæсайынц. Æмæ ацы хъуыдытæ сты тынг æнгæс ныхæстæй фыст. Зымæгон пейзажы тыххæй, дзырд- там, фæлæ ма иу деталь зæхцухы тыххæй. Фыццаг уацы уыди: «Цы- дæриддæр ма дзы уыди зæххæй, дон æй фæласта... хуымты бынæтты юм къæйты фæрстæ сæхи радард- той...» Дыккаг уацы, ома Секъайы бæрæг уацы дæр афтæ: «Хъуды ко- мЪг гал кæм æрхуысса, уый нал ис... Ноджы сыл июны мæйы тугуарæны их æруарыди... Хуымты гæбæзтæ дон фæласта, æрмæст ма афтид къæдзæхтæ баззадысты». Фыццаг уацы Хъуды адæмæн Сиракы зæхх куы радтой æмæ йæм чалидзын куы сфæнд кодтой, уæд автор фыссы: «...загътам, цом ныр нæ ис, нæ сы- вæллæтты раласæм, фервæзæм нæ зындонæй». Дыккаг уацы Секъа фыссы комкоммæ уый æнгæс ныха- сæй, кæд уацы зымæг æмæ сæрды контраст нал ис, зымæг — зындоны кой дзы нал ис, уæддæр: хъудæг- тæн зæхх куы баныфс æвæрдтой, уæд «фæцин кодтой, ныр кæд уæд- дæр зындонæй фервæзиккам, зæгъ- гæ». Секъайы уацы дæр та уынæм цитатæ Къостайæ: «Стонг æмæ уа- залæй бирæгъ дæр тæрсы, уый бæл- вырд у». Цымæ æппæт уыцы иумæйаг бæр- джытæ цæуыл дзурынц? Мæнмæ гæсгæ, ууыл, æмæ дыккаг уац («Ног царды» уац) куыд у Секъайы, аф- тæ фыццаг «Хъуды ком» дæр у Се- къайы фыст æмæ йæ фæсномыг дæр уый у. Чи зоны, уыцы «Хъуды ко- мæй» Цомахъ редакци кæныны рæ- стæджы истытæ аивта, фæлæ уæд- д&р йæ стйлйстйкæйы сæйраг бæр- джытæ баззадысты. 2. Арагуийы ком. Ацы уацы дæр æнæфæфиппайгæ нæй иу хабарæн: бирæ дзы ис æнгæс бынæттæ Секъа йы бæрæг публицистон уацимæ — «Ног царды»; «Хъуды комимæ». Фыццаг уый, æмæ Хъуды комы адæмы уавæры тыххæй уацы ис ахæм ныхас: «...нæ дзаума — быз- гъуыр, нæ бæстæ — лæбырд æмæ къæй». Ацы ныхæстæ сты комком- мæ «Ирон фыййауы» æмдзæвгæ «Къæвдайæ» ист — уым ис ахæм стихтæ: Нæ хæхты къултæ — Лæбырд æмæ къæй. Ацы ныхæстæ сты æмдзæвгæ «Ме ’мбæстонæн дзуаппы» дæр: Хосгæрдæны дæм цæвæг нæй, Хуымгæрдæны — ’дсырф къуымыхæй. Дæ бæстæ — лæбырд, æмыр къæй, Мауал мын æппæл дæ тыхæй. Ноджы ма куы ’рхъуыды кæнæм, Секъа «Ирон газеты» фæзынды раз- мæ йе ’мдзæвгæ «Ганисы» цы хуы- зы æвдыста Хъуды комы уавæр — Мæ зæхх — æрхытæ, Лæбырд, пырхытæ, Цæрæн дзы нал ис,— уæд зын фæхатæн нæу, уацты ми- дæг цы характеристикæтæ ис Хъу- ды комæн, уыдон Секъайæн раджы хъуыдщгонд æмæ фыст уыдысты, газеты ма сæ публицистикæйы хуы- зы радзырдта, æндæр ницы. Дыккаг уый, æмæ «Арагуийы ко- мы» ис иу мотив, комкоммæ Секъа- йы «Ног ц&рды» уацмæ чи рацыд: быцæуаг уацы ис ахæм хъуыды, æртæ хатты фæлхатгонд — «талынг бæстæйы уынгæг кæмттæй ницы хъуысы æддæмæ, æддейæ сæм ми- дæмæ куыд ницы хъуысы, афтæ». Секъайы бæрæг уацы дæр кæсæм: «Æг-ас дуне иннæрдæм куы фæзила, уæддæр Хъуды коммæ иу азы фæс- тæ кæнæ фехъуысдзæн, кæнæ — нæ». Æмæ ма ноджы иу аргумент. «Ирон газеты» æртыккаг номыры фæрсæй-фæрстæм мыхуыр сты Цо- махъæн йæхи номыл уац «Уæрæсе- 6. «Фидиуæг». № 3. 81
йы ца|зд»-ы дыккаг хай æмæ Фæс- хохаджы «Арагуийы ком». Дыууæ. ты дæр дзырд цæуы Паддзахадон уынаффæдоныл (Государственная дума), фæлæ йæ Цомахъ æмæ Фæс- хохаг хонынц æндæр æмæ æндæр нæмттæй. Цомахъ æй хоны Паддза- хады Думæ», кæй йæм æвзарынц, уыдон «адæмы ист лæгтæ» æмæ фылдæр хæттыты та «депуттæтæ». Мæнæ цитатæ: «Æрæмбырд сты адæмы ист лæгтæ, депутæттæ кæй хонынц, уьадон Думæмæ». Фæсхо- хаг йæ’ уеды уьщы думæйы хоны æрмæст иунæг номæй—Паддзаха- ды Тæрхондон, кæй йæм æваарынц, уыдон та «æвзæрст лæгтæ». Цал- дæр хатты æмбæлынц ацы термин- тæ те-ксты, фæлæ æрмæст ацы фор- мæты. Цымæ уый цы амоны? Гæнæн ис æмæ иу автор, иу газеты иу номы- ры, иу æхсæнадон стыр орган дыу- уæ номæй <хона? Æвæццæг-æн — нæй. Æмæ -канд Цомахъ нæ, фæлæ «Ирон газеты» иннæ автортæ дæр пайда кæнынц уыцы терминтæй — Думæ æмæ депутат кæнæ ист лæг. Фæсхохаг ацы хъуыддаджы иунæг у. Æмæ уым диссагæй ницы ис: «Ирон газеты» уадзджытæ æмæ ав- тортæ иууылдæр уыдысты уырыссаг æвзаг æмæ периодикæйыл хъомыл æмæ «думæйæн» иронау ницы ном æрымысыдысты, афтæ йæ ныууагъ- той. Фæсхохаг та, мæнмæ гæсгæ, ’ уыд Секъа, хорз зыдта гуырдзиаг æвзаг æмæ гуырдзиаг периодикон мыхуыр, уым та «Государственная дума» хуыдтой «Сахелмцъипо са- татбиро». æмæ йæ Секъа ратæлмац кодта тынг дырысæй — «Паддзаха- дон тæрхондон». «Æвзæрст лæджы» хабар дæр у раст афтæ. Иудзырдæй, «Арагуийы комы» автор Цомахъ кæй нæу, уый гуы- рысхойаг ницы хуызыу, фæлæ Фæс- хохаг Секъа кæй у, уый дæр хъуа- мæ мауал уа дызæрдыггаг. Æмæ ма фæстаг хабар: ацы уацы стилы дæр арæх æмбæлæм дзургæ ных^асы æууæлтæ, Цомахъмæ чи не ’мбæлы, Сёкъамæ та арæх чи у. Стæй мæнæ ахæм хъуыдиад — «Сау джыны фæндыл, сауджыны дзыр- дыл куыднæ ацыдаиккам...» — Цо- махъы, тексты уа, уый зын бауыр- нæн у, Секъайаён та æнæдзырДда^ У- Æппæт ацы факттæ дзурынц иу хъуыддагыл: уац «Арагуийы ком» Цомахъы фыст нæу, уый ныффыс- таид Секъа, науæд та æндæр чидæр фæсхохаг. 3. Дзимыры ком. Ацы уацы ми- дæг дæр сты иннæ дыууæ уацы ми- ниуджытæ: ис дзы цитаттæ Секъа- йы уацмыстæй, ис дзы дзургæ ны- хасы æууæлтæ, Цомахъы стилæн æцæгæлон æууæлтæ; стæй ма дзы ис ахæм географион бынæтты кой, Цомахъ кæй нæ зыдтаид, фæлæ Се- къа хорз кæй зыдта. Дзургæ ныхасы мæнæ ахæм æу- уæлтæ — «Гъа, сæрд фæцардыстæм куыддæртæдæртæй...», «Иу дзыр- дæй, аирвæзтыстæм куыддæртæй...», «Уый та не скæнæг хуыцауы йеддæ. мæ чи зоны» — характерон сты Се- къайы прозæйæн, йæ публицистикæ, йæ фыстæджытæн, фæлæ не ’мбæ- лынц Цомахъы публицистикæ æмæ аивадон прозæйы авторы ныхасы. Дзимыры адæмы уавæрыл дзур- гæйæ, Фæсхохаг фыссы: «...кæрдзы- ны мурыл, ссады къæрмæгыл ныл- лæууынц æххуькрсты: кæм—дондзау, ьæм — кæртмæрзæг, кæм — сугсæт- тæг...» Ахæм уавæры фæцард Сек-йа йæхæдæг цалдæр азы æмæ уый тых- хæй зæрдæхъæдгомæй фыста йæ кадæг «Иунæджы»: Хъæуи-хъæу цæргæ Иры кæвдæсы, Фылдæр-иу кæугæ, — Ныр дæр æй мысы: Кæмæн-иу — дондзау, Кæмæн — сугсæттæг, Кæмæн — æргъомдзау, Кæмæн — дурдæттæг. Ам автоцитатæйы хуызы у хъуыд- даг æмæ уый нымаинаг у. Ноджы дызæрдыггагдæр Цомахъы автордзинзд кæнынц бынæттон топо- нимтæ æмæ бынæттон цардыуаджы спецификон бæрджытæ. Фæсхохаг иттæг дырысæй фыссы Дзимыры ко- мы царды хабæрттæ. Уыцы ком дæ- хи цæстæй куынæ фенай, зымæг дзы куынæ ацæрай, уæд ын йæ хабæрт- тæ нæдæр зонгæ бакæндзынæ, нæ- дæр сæ дæ зæрдæмæ арф айсдзынæ. «Мит куыддæр æруары, зæхх куыд- дæр æрсæлы, афтæ фæндаг æппын- 82
Дгёр нал вæййы йу хъæуæй иннæ хъæумæ дæр, ныйих вæййынц къул- - тæ, хауæнтæ æмæ бырæнтæ фес- тьшц нæ рауайæнтæ», — фыссы Фæс- хохагæмæуый (æщæг афтæу, фæлæ йæ куынæбавзарай, уæд зын бауыр- нæн у. Зæрдæаивæй фыстаид Цо- махъ, уый зын бауырнæн у, зонгæ та уæвгæй нæ кодта Дзимыры ха- бар. Уыцы хъуыддаг хорз зыдта Секъа: уый Дзимыры царди, уым ракуырдта Битароны, хорз зыдта йæ каисты царды фадат æппæт æгъ- дауæй дæр. . Фæсхохаг фькссы: «Раст æгас хъæутæ... фæцæуынц «хизани», «хор хæссынмæ» Гуырдзымæ — Нагоза- мæ, Гæрæмысы хъæумæ, Мухран- тæм...» Ацы бынæттæ зыдтаид Цо- махъ, уый зын бауырнæн у, зæрдæ- аивæй та фысгæ нæ кодтаид. Уыцы бынæттæ чи зыдта «Ирон газеты» фысджытæй, уый уыди æрмæст Се- къа. Уый дæр ма зæгъæм, æмæ Цо- м(ахъ, æгабрыстæмæй, Хъуды комы »географион æвæрд дæр дзæбæх нæ зыдта. Уый рафыста «Азауы» фыц- цаг вариант йæхи къухæй æмæ Ганис рахаста Дайраны коммæ. Афтæмæй Азау Хуссар Ирмæ, ома Урстуалтæм .куы цæуы, уæд хизы Бæрзæфцæгыл. Иудзырдæй, Хъуды ко,м Цæгат Иры февзæрд, Хъелы ’фцæджы бæсты радзырды фæзынд Бæрзæфцæг,, уый лдыл Саудзуар дæр Бæрзæфцæгыл фестад. Цомахъ афтæратæлмац кодта «Азауы» 1914 азы æмæ йæ афтæ нымадта суанг 1929 азы онг дæр. «Азау»-æй иу бынат — «Азау хъазуатæй тындзыд- та размæ. Раст Саудзуары ф.æхæр- дгæнæнмæ куы бахæццæ (чысыл уæлдæр радзырды ис — «Хъелы æдзæрæг хохмæ куы схæццæ, уæд бæстæ ныммæйдар...»), уæд уым Гуыдан æмæ Хиуы фыййæуттæ сæ фос рацæйтардтой — Цомахъ ра- тæлмац кодта æмæ стæй йæ уацы Секъайы тыххæй ранымадта мæнæ афтæ: «Бæстæ фæуазал. Азау сфæнд кодта Хуссар Ирыстонмæ фæцæуын, Таймуразы ссарын æн- хъæлæй. Раст Бæрзæфцæджы фæ- хæрдгæнæнмæ куы бахæццæ, уæд ыл амбæлдысты Гуыдан æмæ Хиуы фыййæуттæ æмæ йæ тыхæй семæ акодтой». (Цомахъ. УацмЫстае, фарс 475). Афтæмæй,- Цомахъ Хъуды чгеог- рафион равæрд хорз кæм нæ зыдта, уым Дзимыры ком зыдтаид æмæ йæ фарсмæ цы гуырдзиаг хъæутæ ис, уыдон, уый зын бауырнæн у, Се- къа сæ кæй, зыдта, уый та бæлвырд кæнын дæр нæ хъæуы — уый Хус- сар Иры æппæт кæмтты æвæрд дæр хорз зыдта æмæ сæ нымадта йæ фыстыты. Ацы ныхæстæ дæр кæнынц иу хатдзæгмæ.- уац «Дзимыры ком» Цомахъ ныффыстаид, уый уырни- наг нæу йæ географион реалитæм æмæ йæ иннæ стилистикон æууæл- тæм гæсгæ. Уый автор уыдаид Се- къа, афтæ зæгъиккам, йæфæсномыг «Фæсхохаг» . ын куынæ зониккам, уæд дæр. Уый зонгæйæ та йыл ды- зæрдыг хъуамæ ма кæниккам. Кæд афтæ у, уад ма нæ разы ис иу фарст: цæмæн хуыдтаид ацы уацты йæхи Цомахъ? Ацы фарст, æцæг, тынг хъуыдиаг у æмæ йын дзуапп агурын хъæуы. Æз ын нырма зонын æрмæст иунæг дзуапп: Цомахъ фæрæдыдис, ферох дзы ис, хъуыддаг æцæгæй куыд уы- дис, уый. Ферох æй уымæн, æмæ рацыдис бирæ рæетæг — быцæуаг уацтæ мыхуыр уыдысты 1906 азы, Цомахъ «Ирон газёты» комплектыл иысæнттæ кодта 1924 азы кæнæ та ноджы фæстæдæр. 18 азы фаг сты хъуыддаджы æцæрдзинад ферох кæнынæн. Стæй уы^æй дæр уыцы азтæ Цомахъæн уыдысты стыр фыд- æвзарæны азтæ: æртæ азы бæрц фæбадти ахæстоны, уый фæстæ авд азы та фæци хасты Сыбыры. Уыр- дыгæй’ куы ’рцыд, уæд та суанг 1923 азмæ йæ царды бонтæ æрвыс- та стыр тох æмæ хъизæмары Сове- тон хицаудзинад æрывæрыны сæ- рыл Цæгат Кавказы. Ахæм 18азæн сæ сæрты ахизын æнцон кæм уыди æмæ адæймагæй рагон чысыл уац- ты хъысмæт ферох, уый мæнмæ ницы диссаг кæсы. Ахæм рæдыд, ферохы фæстиуæгæн, цæуæг кæй у, уымæн нæ бон у æрхæссын иу цæ- виттон Къостайы биографийæ. 1899 азы июны 8 бон Къоста Цæлыккаты Аннæмæ фыста Херсо- нæй,: «Перерыл я и старые свои те- тради — масса интересного. Напри- 83
мер, одйн мой товарйщ по пшна- зии в 1897 году привез мне из Ни- жегородской губернии листок из альбома одной бывшей ставрополь- ской гимназистки: на этом листке оказались мои рисунки и перво’е мое стихотворение, обращенное к «Вере» — подруге хозяйки альбома и подписанное «Осетин Коста». Был я, когда писал1 это стихотворе- ние, в пятом классе, а «Вера» — в седьмом, и мы с ней, будучи сов- сем незнакомые, считались страшно влюбленными друг в друга... Мое стихотворение, конечно, с виньеткой’ и даже с наброском пером профи- ля Веры. Вот оно: написано гекза- метром...» Æмæ дарддæр й.ае фыстæджы Къоста зæрдæбынæй, иу гуырысхо- йы къæм дæр нæй йæ ныхæсты, аф- тæмæй æвзары йæ «фыццаг æмдзæв- гæ», бары йæ æндæр æмдзæвгæйыл, фæстæдæр фыст чи ’рцыд, ахæмыл («Отчего ты, с другими щебеча так бойко») æмæ бæрæг кæны, азты фæлтæр æнкъарæнтыл цы хуызы фæзынд, уый. Къоста Стъараполы гимназы фæн- дзæм къласы ахуыр кодта 1878 аз- æй 1880 азмæ. Афтæмæй æмдзæвгæ фыст æрцыд, æвæццæгæн, иууыл раздæр 1878 азы. Уымæй 19 азы куы рацыд, уæд 1897 азы Къоста ферох кодта, æмдзæвгæйы æцæг автор чи уыд, уый æмæ йæ рахуыд- та йæхи æмдзæвгæ, уымæй дæр йæ «фыццаг æмдзæвгæ»! Æмдзæвгæйы æцæг автор та уыди... Гете! Къос- та-гимназист Гетейы æмдзæвгæйæн æрмæст йæ ном аивта — хуынди «Лиде» æмæ дзы сарæзта «Вере», — фæлæ йæ 19 азы фæстæ нал базыд- та, рахуыдта йæ йæхи уацмыс, уый дæр гимназисты уацмыс! Къостайы автордзинад, йæхи ны- хæстыл ын куы æууæндæм, уæд бынтондæр æнæгуызав& у, æм# Салæгоны принципыл куы лæууæм, уæд Гетейы æмдзæвгæ хъуамæ мы- хуыр кæнæм Къостайы уацмысты сконды. 1938 азы Орджоникидзейы Къостайы уырыссаг уацмыстæ куы уагътой, уæд æцæг кæнгæ дæр аф- тæ бакодтой — чиныджы 80 фарсыл ныммыхуыр кодтой уыцы æмдзæв- гæ ахæм сæримæ: «Первый опыт (Ответ Вере)». Иу дзырдæй, Гете- йы классикон æмдзæвгæ Къостайы «фыццаг фæлварæн» сси. Къостайыл ацы рæдыд æрцыд зæрдæрохы фæдыл. Цы диссаг у, кæд ахæм рæдыд æрцыд Цомахъыл дæр, уæд? Къостайыл уæд цыдис 38 азы, Цомахъыл та 43 азы, Къоста фæрæдыд 19 азы фæстæ, Цомахъ 18 азы фæстæ. Цомахъ, фæрæдыд стыр фыдæвзарæнты фæстæ, Къос- тайыл ахæмæй ницы æрцыдис, фæ- лæ уæддæр йæ зæрдыл нал æрлæу- уыди хъуыддаджы æцæгдзинад. Уæдæ афтæ: быцæуаг уацты Цо- махъ зæрдæрохы фæстиуæгæн кæй хоны йæхи, ууыл, мæнмæ гæсгæ, гуырысхо не ’мбæлы. Кæд ма исчи разы нæу мæ хъуыдыйыл æмæ уац- ты автор æнхъæлы Цомахъы, уæд сбæлвырд хъæуы, æз цы аргумент- тæ æрхастон, уыдон мæнгдзинад, æцæг факттæн радтын хъæуы уыр- нинагдæр интерпретаци æмæ стæй æрхæссын хъæуы ног аргументты системæ, Цомахъы автордзинады пайдайæн чи дзура, ахæм. Цалын- мæ уый нæй, уæдмæ та йæ тыхы уыдзæн, ныртæккæ æппæт факттæ æмæ аргументтæ кæй фарс сты, уы- цы хъуыды: «Ирон газеты» 1906 азы цы æртæ публицистон уацы ис мы- хуыргонд («Хъуды ком», «Арагуи- йы ком», «Дзимыры ком»), уыдон авторы фæсномыг «Фæсхохаг» у Гæдиаты Секъайы æмæ уацтæ дæр сты уый фыст.
ЦОЦИТЫ ЛЛЛН ХÆРНГАРЗЫ КУЛЬТ РАГЗАМАНЫ ИРÆТТÆМ ÆМÆ ЙÆ АХАСТ ÆХСАР ÆМÆ ХЪÆБАТЫРДЗННАДЫ КУЛЬТМÆ Клæссты сæвзæрды процесс ахуыр кæныны хъуыддаджы æн- дæр æмæ æндæр адæмты æхсæна- дон цардарæзты æфсæддон-демок- ратон рæстæгæн ис скъуыддзаггæ- иæг нысаниуæг. Æфсæддон-демок- ратон цардарæзт у æмбæлон ,æхсæ* нады уæнгты æхсæн æмахастыты комплекс. Уый йæ .æхсæнадон рæз* ты^ бындуриуæг кæны «уысты аха- дындзинад рæзын кæныны процес* сыл æмæ уый æмрæстæджы Æрæх- стджынæй опайда кæны зæронд формæтæ, сæвзæрын кæны ног формæтæ. Уыдон фадат дæттынц æхсæнады тæккæ тыхджындæр уæ- нгтæн уыцы уæлæмхас продукттæ сæхи бакæнынæн. Ардыгæй бæрæг у, æхсар æмæ хъæбатырдзинады культ йæ бирæ алыгъуызон конкре- тон хуызтимæ кæй ахста ахсджиаг бынат .æмбæлон æхсæнады хæдза- радон æмæ идеологон царды. Ирон этнографион ,æрмæг дæтты .æфсæддЬн-дЬмократЬн ’; цардарæз-1 тады сæйраг компоненттæй иу- мæ — æхсар æмæ хъæбатырдзина- ды культмæ иуцалдæр ахсджиаг хъуыдыйы бафтауыны фадат. Бæрæг куыд у, афтæмæй æхсар æмæ хъæбатырдзинады культ хъуамæ сæвзæрын кодтаид йæхи сæрмагонд терминологи æмæ риту- ал, ома, æргом кæм кодта, ахæм конкретон формæтæ. Уымæ гæсгæ ирæтты ае)фсæддон-демократон рæстæгæй махыонг чи æрхæццæ æмæ ирон адæмы Нарты кадджы- ты ирдæй æвдыст чи ’рцыд, иу- цалдæр ахæм терминæн мах сарæз- там функционалон аналцз, Нарты кадджыты бындурондæр характе- ристикæ хъайтарты культ кæй у, уым,æ гæсгæ уый æнæмæнгдæр бахъахъхъæдта бирæ рохгонд риту- алты .атрибуттæ. Æмæ эпос йæхæ- дæг та æнæхъæнæйдæр уыд ацы хъайтарты культæвдисæг формæ. Этнографйон иртасынад æркодта ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ритуа- лы атрибутты ’хсæн сæрмагонд бынат а’хсынц, компонент уас-уац кæ»м ис, уьгцы терминтæ. Ана- лиз баххæст кæнын хъæуы линг- вистикон аргументацийæ. Ам нæ, сæйраджыдæр, зæгъын фæнды уы- цы терминты мидисы функциона- лон анализы тыххæй. Ирон æвзаджы уас-уац компонен- тимæ дзырдарæзтытæ сты бæрæг фылдæр, фæлæ дзы скæндзыстæм æртæйы кой. Уый уымæн, æмæ уацы ас фадат нæ дæтты иннæты кой скæнынæн, стæйдæр ацы дзырд- тæ баст сты æрмæстдæр ирæтты æфсæддон-демокр)атон цардарæз,- тимæ. Ззетъæм, уас-стыр-джи, уац- амонгæ, уац-айраг, — вазыгджы^н дзырдтæ кæй сты, уый дызæрдыг- гаг нæу. Иро’н æвзаджы уас-уац ныртæк- кæ нысан кæны, сæйраджыдæр, «сыгъдæг уд» (святой). Уый йрдæй æвдыст цæуы дзырдарæзт «уас- тыр-джи»-йæ. «Ирон адæмы чырыс- тон дины пантеоны сæйраг персо- нажтæ фæлындзыд сты эпитет уас- уац-æй: уас-георги — сыгъдæг Ге- орги, уац-илла — сыгъдæг Илья, уац-николла — сыгъдæг Николла, уас-тутыр сыгвдæг Федыр. Ам уас 85
нысан кæны æрмæстдæр «сыгъдæг». (В. И. Абаев. Дохристианская ре- лигия Алан, М., 1960, стр. 1Д). Ацы «сыгъдæг уды» иуæй-иу къаннæг характеристикæ куы аиу- варс кæнæм, уæд «сыгъдæг стыр Джеор» у нæлгоймæггы æмæ хæс- тонты дзуар. Бæрæг куыд у, афтæ- мæй ацы дзырдарæзты формæ ирон æвзаджы сæвзæрди чырыстон дин райсыны рæстæджы, фæлæ ирæт- тæм чырыстон дины агъоммæ дæр, мидисмæ гæсгæ, æмбæлон дзуар кæй уыд, уый, кæй зæгъын æй хъæ- уы, быцæуаг нæу. Сæйраг хъус- дард йæхимæ здахы иу ахæм факт, æмæ ирæттæ ног ном нæ сæвæрд^ той, развæлгъау зонгæ кæй миди- симæ уыдысты, уыцы дзуарыл, фæ- лæ чырыстон динæй æрбайсгæ «Ге- орги» бафидар кодтой компонент уас-æй. Уьщы компонент бæлвырд æргом кодта дзуары сæйраг мидис. Уымæн бамбарæн ис æрмæстдæр уæд, æмæ куы сразы уæм ахæм фактыл, зæгъгæ, уас ирæттæн зынд- гонд уыд, куыд уыдонæн бæлвырд- бæрæг атрибуты символ, æндæр æрбайсгæ чырыстон дзуæрттæ хай- джын кæмæй нæ уыдысты, ахæм символ. Ир’æттæ-алантæ чырыстон дин райсыны рæстæджы (X æнусы, иуæй-иу бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ та раздæр) рагфеодалон стадийы кæй уыдысты, бæлвырддæрæй та размæдзыд æфсæддон демократийы стадийы, уый хынцгæйæ, зæгъын хъæуы, æмæ уыдонмæ дзуæрттæ æмæ дзуæртты хъомысады тых- хæй кæй уыд сæхи сæрмагонд æм- барынад. Уый сæм сæвзæрд куыд се ’фсæддон цардæвæрды идеологон продукт, афтæ. Æвæц- цæгæн, компонент уас уæзгæдæр кодта, хъомысады тыххæй сæм раздæр чи уыд æм>æ цайдагъ кæ- уыл уыдысты, уыцы æмбарынад æмæ йæм чырыстон дины дзуæртты нæмттæ дæр уымæн æфтыдтой. Аф- тæмæй иуварс цыд сабырад æмæ адæмы уарзондзинадтауæг чы- оыстон дины хуыцæутты æмæ æсЬ- сæддон демократийы чысыл хуы- цæутты агресснвон идеологийы æх- сæн быцæудзинад. Уымæ гæсгæ хъуамæ сбæлвырд кæнæм æмæ ретроспектикон æгъ- дауæй сæндидзын кæнæм уас-ы сæйраг миниуджытæ. Уый фадат ратдзæн уыцы дзырдтæ аразыны конкретон формæ раиртасынæн. Абайты Вассо куыд амоны, афтæ- мæй уас-æн ис æнæххæст динон ха- рактер. Уæдæ раиртасын хъæуы, хъомысады æмбарынад цы конкре- тон бындурыл сæвзæрд, уыцы фæ- зынд. Махмæ гæсгæ уас-æн нæ уыд «сыгъдæг уды» нысаниуæг æмæ æндæр ахæм «уæлхъомыс», «уæ- лоз» мидис, фæлæ æвдыста бæрæг фæзынд, кæцы дымст йæ социалон функцийы рæзтмæ гæсгæ ног миди- сæй. Уас-уац дзырдтæ уастырджи, уацамонгæ (нартамонгæ) уацай- раджы кæй сты æмæ уыцы термин- тæн нæ фыдæлты æфсæддон цар- дыуагмæ комкоммæ ахаст кæй ис, уый нæ бафтыдта ахæм хъуыды- йыл, зæгъгæ, сын сæ райдианы ны- саниуæг агурын хъæуы рагон ирæт- ты æфсæддон цардыуаджы. Уацамонгæйæн ирон адæмон эпо- сы ис сæрмагонд функци. Уыцы дис- саджы кæлæнгæнæг къус уæлахи- зы цытджын куывды йæхигъæдæй ссæуы, хъæбатырдзинад чи равди- сы, æфтиаг чи æрбахæссы (уыцы нымæцы уацайрæгтæ дæр), ахæм хæстоны дзыхмæ. Уыцы æфтиаг æмæ уацайрæгтæ бæлвырд æвди- сæн сты хъæбатыр хæстоны æхсар æмæ лæгдзинадæн. Термин уацай- раджы æвдыст цæуы бæрæг пред- метон æцæгдзинад æмæ уый у уас- уац равдисæджы сбуц кæныны тыххæй материалон æвдисæн (хæр- зиуæг). Компонент айраг æвдисы, уас-мæ чи æмбæлы, ахæм æфтиа- джы хай (кæстæйраг, хистæйраг). Уымæ гæсгæ дзырдарæзт уацайраг æмæ уацамонгæйы уас нæ нысан кæны сыгъдæг уд, фæлæ сæ иуы æвдисы материалон æфтиаджы хай, иннæйы та дзырд цæуы кон- кретон адæймагыл. Афтæмæй уа- цамонгæйы уас-уац бæрæгæй æвди- сы «æхсар» æмæ «хъару». Дзырд- арæзттæ уац-амонгæ æмæ нарт- амонгæйы уас-уац æмæ нарт кæрæ- дзи кæй ивынц, иухуызон семанти- кон функцитæ æххæст кæнгæйæ, уый йæхæдæг бирæ цæуылдæр дзу- рæг у. Абайты Вæссо куыд сбæл- вырд кодта, афтæмæй нар нысан кæны н^лгоймаг. Æмæ уа^дае уад 36
нартамонтæ дæр æвдисы хæстон нæлгойм,аг. Уас-уац-ы дæр агурын хъæуы цавæрдæр конкретон адæй- маджы, кæй зæгъын æй хъæуы, нæлгоймадокы. Уыимæ нар-ы дæр æмæ уас-уац-ы дæр бындуронæй æвдыст |цæуы «хæстон» нæлгоймяг, фæлæ ма уыцы хæстон нæлгоймæг- ты ’хсæн дæр ис давæрдæр хицæн- дзинад. Æмæ кæд уацайраг у æхсар æмæ хъæбатырдзинад æвдисæн, уæд «хъæбатырдзинад» йæхæдæг та у уыцы реалон факты идеологон æм- барынад. Уый хъуамæ амона ком- понент уас-уац. Æмæ амонгæ дæр афтæ кæны, æрмæст райста ног ны- саниуæг, аргъ скæныны нысани- уæг — «æхсар æмæ хъæбатырдзи- над». Мах зонæм, уацайраг ирон æвзаджы æмткæй цы нысан кæны, уый. Фæлæ ма ис «цагъайраг» дæр. Кæд уыцы дыууæ дзырды си- нонимтæ сты, уæддæр сын уыцы иурæстæджы уыдис хицæн мидис- тæ. Цагъайраг дæр ирон æвзагмæ æрбацыд уый тыххæй, æмæ ма уа- цайрагæн цагъайрагæй уæлдай цы æндæр нысаниуæг уыдис, уый ног социалон уавæрты фесæфти. Уæдæ раиртасын хъæуы уас- > уац-ы реалон базæ, уымæн æмæ æмбарынад цалынмæ «хъæбатыр- дзинад» не ссис, уæдмæ (ома уый агъоммæ) хъуамæ нысан кодтаид «инструменталон» мцдис. Цыбыр- дзырдæй, осарын хъæуы, къухты-иу цы иумиаг .Гфодукттæ бафтыд, уы- доныл бæлвырд-бæрæг адæймæг- тæн (Ьылдæр бартæ цæмæн уыдис, уый. Марксизм куыд амоны, афтæ- мæй абстрактон хъуыдытæ сæвзæ- пынц конкретон факттæй. Æмæ цы ’рмæг иртасæм, уымæн та йæ кон- кретон факт у искæмæ бабырсын, йемæ стох кæнын, уанары йæ ратæ- рын, раскъæрын йæ фос дæо. Æр- мæстдæр ахæм материалан фæрæз- ты , пуаджы хæстон æвдыста йæ хъæбатырдзинад æмæ йын йе сгуыхтдзинадмæ гæсгæ кодтой кад дæр. Фæстæдæр инструменталон Лункци, æмбæлон аргъ ын скæнгæ- йæ, рахызт идеологон æмбарынад- мæ. Ацы хъуыды мæн кæны ахæм хаттдзæгмæ, зæгъгæ, æфсæддон-де- мократон цардарæзтады æрмæст- дæр хæцæнгарз уыдаид нымад ахæм инструментыл. Адæймаг йæ- хæдæг та уыд æрмæстдæр патен- циалон, æргом миниуджытæхæс- сæг. Уæдæ хæстон чи нæ-у, уыцы нæл- гоймагæн хъайтары культмæ ницы ахаст ис, уымæн æмæ хотыхджын нæу уас-уац-æй. Нарты кадджыты нæлгоймæгтæ нымад сты хæстон адæмыл, фæлæ . уацамонгæ уыдо- нæй уæлдай кад кæны тæккæ æх- сарджындæр хæстонæн, уас-уац-ы миниуджытæй æххæстдæр чи у, уы- донæн. Реалон цæстæнгасæй сæм куы ’ркæсæм, уæд бæрæг у, уыдон кæй сты тæккæ хуыздæр хæцæн- гæрзтæй ифтонггонд хæстонтæ. Ды- зæрдыггаг нæу, разда^р жæй уыдис тæккæ хуыздæр, /ахайæндæр хæ- цæнгарзы культ. Фæстæдæр, цард куыд рæзгæ цыд, афтæ уыцы культ рахызт æхсарджындæр хæстоны культмæ, ома æхсарджъшдæр хæс- тонтæ тæккæ хуыздæр хæцæнгарз цæмæй хæссой, уымæ. Хуыздæр хæцæнгарз хæссыны бар ахызти, уыцы хæцæнгарзы руаджы-иу цы трафейтæ байстой, уыдонмæ дæр. Фæлæ трофейтæ сæхæдæг дæр иу- хуызон нæ уыдысты, уыдис дзы, цæсты тынгдæр чи ахадыдта, ах- æмтæ. Гъе æмæ хуыздæр хæцæн- гарз æмæ хæстонæн сæрмагонд кад дæттыны бар рахызт трофейтæм дæр. Ома хуыздæр хæцæнгарз чи хаста, -уыцы хъæбатыр хæстонæн бар лæвæрд цыд трофейты иу хай йæхи бакæнынæн. Дзырд дæр ыл нæй, тæккæ хо- тыхджындæр хæстонтæ кæй уы- дысты хуыздæр хæцæнгарзы куль- ’ты æнувыддæр лæггадгæнджытæ. Цы трофейтæ-иу сæм бафтыд, уы- дон та уæрст цыдысты цæрджытыл, кодтой сæ иумиаг куывдтæ. Ахæм хъуыддаг ноджъ1 бæрзонддæр код- та хъæбатыр хæстонты кад, адæм . сын табу кодтой, сæ • цэест сыл æвæрдтой. Ардыгæй бæрæг у, æмæ мæгуы- раудæр хæцæнгарз кæм-æ уыд, уы- донæн ахæм ном ссарыны фадат æмæ хъару кæй нæ уыд. Уæдæ, фи- дарæй зæгъæн ис афтæ: уас-уац бындуронæй нысан кодта хæцæн- гарз-хотых. Æвæццæгæн уьтд ца- рæрд^ер х&цæнгарзы бæлвырд 87
хуыз. Рагзаманы ма, гæнæн ис, ны- сан кодтаид .«æмткæй хæцæнгарз», гъе, фæлæ хæцæнгæрзтæй культы ритуалты гæрзифтонг - хъомысады символ свæййы сæ тæккæ хуыздæр. Цæвиттон, алантæ æмæ скифтæ куывтой кардæн. Уæдæ æхсæна- дон-историон размæцыдæн цы эф- фективондæр техникон( ф,æрæзтæ æвзæрд, уыдон лæвæрдтой сæхи хæцæнгарзы культ, уыимæ иумæ, кæй исбон уыдысты, уыцы адæйма- джы культ дæр. Кавказы, зæгъæм, стыр аргъ кодтой æхсаргард æмæ хъримагæн. Æхсаргарды размæ æф- сæддон практикæйы фылдæр пайда кодтой, сæ саразыны технологи хуымæтæгдæр кæмæн уыд, ахæм цыргъагæй. Афтæмæй мах æрцы- дыстæм ахæм хаттдзæгмæ, зæгъгæ, уас-уац у хæцæнгарзы иумиаг кæ- нæ конкретон ном. Ацы хаттдзæг бæлвырд кæны византиаг фыссæг Чалко Кондиласы хъусынкæнина- гæй дæр: «Алантæ бацыдысты Кав- казы онг æмæ хæсты хъуыддæгты уыдысты тæккæ арæхстджындæр. Уыдон арæхсынц хорз фаттæ ара- зынмæ, зонгæ сты чырыстийы док- тринæтимæ, ис сын сæхи æвзаг, хæ- цæнгарз аразынц бронзæйæ æмæ сæ хотыхтæ хонынц аланикас». Куыд уынæм, афтæмæй алайнаг æвзагæй хæцæнгарз хуынд алани- кас. Уыцы дзырд конд у дыууæ ха- йæ —^ алайнаг æмæ уас — алайнаг хæцæнгарз. Уымæ гæсгæ раирта- сын хъæуы, • компонент уас-уац- æй цы дзырдбыдтæ равзæрд, уы- дон дæр. «Уац-айраг» уæд нысан кæны реалон дзаума, уацары раконд чи æрцыд æмæ уас-уац-æн лæвæрд чи хъуамæ æрцæуа, ахæм. Дзырды дыккаг хай — айраг та, мах хъуы- дымæ гæсгæ, нысан кæны, уыцы уацайраг хæцæнгарзæн хайгонд кæй у, уымæн æмæ айраг фæцис хæцæнгарзы амæттаг. Незаманы историйы бирæ цæвит- тонтæ ис хæцæнгæрзты амæттæгты тыххæй. Объективон æгъдауæй уый æмбарын хъæуы афтæ, æмæ уæлæмхас продукт уацайраджы эксплуатаци кæнынæн фадат куы- нæ лæвæрдта, уæд-иу æппæт Уа- цайрæгты дæр фæкодтой хæцæн- гæрзты амæттаг, ома-иу сæ амард- той. Уый фæстæ, историон уавæртæ куыд ивтой, афтæ ивта уацайрæг- тæм ахаст дæр. Ома уацайрæгтæн се ’ппæты нæ, фæлæ сæ иу хайы лæвæрдтой хæцæнгарзы дзыхмæ. Уæлахизхæссæг батабу кæныны охыл нывондæн хаста уацайрæгты байсæггæгты иу хай, уыдонимæ та уацайрæгтæй дæр. Фæстæдæр æх- сæнады рæзты ног къæпхæны хъуыдис уацайрæгты тых æмæ сын райдыдтой фылдæр аргъ кæнын. Фæлæ ахæм уавæрты дæр, рагон традицитæм гæсгæ, бæлвырд хай, бæлвырд нымæц (чи зоны æмæ гъæд дæр) уыцайрæгтæй лæвæрд цыд фæуæлахизуæвæгæн æмæ дзы ныр иста материалон æфтиаг: ца- гъарты кусын кодта йæхицæн, гъе та сæ-иу базары ныууæй кодта. Уа- цайрæгтæн аргъ кæныны тыххæй цы ивддзинæдтæ æрцыд, уымæ гæсгæ æнцон бамбарæн у, уацайра- джы ном дыууæ æндæр æмæ æндæр терминтæй нысан кæнын кæй рай- дыдтой. Зæгъæм: «уацайраг» æмæ «цагъайраг». Фыццаг дзырды баз- зад раздæры мидис «амæттаг», дыккаг дзырды та амоны «цагъай- раг»-æй хæдзары спайда кæнын. «Цагъайраг» у æрыгондæр æмба- рынад, фæлæ «уацайраг» дæр фе- сæфта йæ раздæры нысаниуæг. Ома хæцæнгарзы амæттаг фæуы- нæн нал æнтыст. Æппынфæстаг ралæууыд ахæм рæстæг, хæстон стæрты цы стыр зындзинæдтыл æмбæлдысты æмæ сæ амæттæгтæн базары цы стыр аргъ уыдис, уы- дæттæ хынцГæйæ, æрцыдысты ахæм хъуыдымæ æмæ нал мард- той уацайрæгты. Фæлæ ’ уæддæр, хуыцæуттæн табу кæныны охыл, нывондæн хастой, хæсты-иу чи фæ- мард, уыдоны. Бастдзинад «уацайраг»-«цагъай- раг» æвдисы уацайраджы аргъ рæ- шны диалсктнкæ — «уацайраг-ам- æттаг»-æй «уацайраг-цагъай’р/аг» мæ. Уæдæ афтæ, «уацайраг» у хæцæн- гарзы культы ритуалы компонент. «Уацайраг»-ы конкретон нысани- уæг куы ферох, уæд термин æм- бæрст цыд, куыд «цагъайраг»-ы синоним, афтæ, ф
= 8 8 И^^1 1 ,, 8 = 1 ■ »^^1 Д^ САУЛОХТЫ УЛЬЯНÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ФÆСКОМЦÆДЙСЫ ИСТОРИЙÆ Гуырдзыстоны æндæр æмæ æн- дæр районты фæсивæды цæдисты ре- волюцион .архайд хорзырдæм фæ- зынд Хуссар Ирыстоны фæсивæдыл. Уыдонæй æппæТы революциондæр къорд уыдысты Дзауы уæлдæр рай- диан ахуыргæнæндоны скъоладзау: тæ. Уым фæзынд фыццаг чыр дæр æмæ уый æрæвæрдта бындур Хус- сар Ирыстоны фæскомцæдисон ор- 1анизацийæн. 1919 азы сентябры дыккаг æмби- сы уыцы скъоладзауты иу хайы революцион сусæг æмбырды профе- ссионалон революционертæ Сана- хъоты Владимир æмæ Гаглойты Сергийы хайадистæй арæзт æрцыд фæсивæды сусæг къорд æмæ йæ ра- хуыдтой «Фæсивæды Хуссар Ирыс- тоны коммунистон цæдис «Спар- так». Фыццаг уал уырдæм бацыд 15 адæймаджы. Уыцы аз ноябры райдианы та сусæг æмбырды сæв- зæрстой «Спартак»-ы комитет æмæ фæсивæды ’хсæн райдыдта регуля- рон æгъдауæй кусын. Спартаконты рæнхъытæ бонæй- бонмæ кодтой фылдæр, арæзтой ног организацитæ. 20-æм азты райдиан- мæ Хуссар Ирыстоны бындурон ра- йонты— Цхинвал, Цъунар, Хъорнис, Ортъеу, Хъемулта, Куатетри, Часа- вал, Рукъ æмæ Едысы арæзт æрцы- дысты фæсивæды революцион къо- рдтæ. Уыцы къордты организатор- тæ уыдысты УК(б) Хуссар Ирысто- ны организацийы сусæг райкомтæ. Къордты организаторты нымæцы уыдысты дзауаг спартаконтæ: Ма- миты Никъала, Бету, Джиоты Иван, Цхуырбаты Ефим, Джиоты Тембол, Тотраты Мырзæ, Цоциты Гришæ, Дзæхаты Георги æмæ æндæртæ. Уыцы революцион къордтæ стыр куыст кодтой меньщевикты ныхмæ тохмæ фæсивæды æфсæддон æгъда- \æй бацæ-гтæ кæныныл. Уымæй уæлдай ма иууыл æхсарджындæр æмбæлттæй арæзт цыдысты разыс- гарджытæ, пулеметчиктæ æмæ баст- дзинаддарджыты хицæн къордтæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæд æхсар- джынæй тох кодтой меныпевикты ныхмæ, Советон хицауад сфидар кæныныл. Æнустæм дардзыеты ^адæм сæ зæрдыл .спартаконты-бастдзинад- дарджыты æмæ разысгарджыты сгуыхтдзинад. 1919 азы Цæгат Кав- казмæ чи ахызт, уыцы партизанты къордимæ февралы бастдзинад нал уыд. Хуссар Ирыстоны Округон Ко- митет ницы зыдта, февралы^Цæгат Кавказы цы уавæр сæвзæрд, уымæн. Уый адыл разысгарджыты арвитын хъуыд Цæгат Ирыстоны хæхты ар- хайæг Хуссар Ирыстоны партизан- ты къордимæ æмæ УК(б)П Влади- кавказы Округон Комитетимæ баст- дзинад саразыны тыххæй. Уыцы бæрнон хъуыддаг бахæс кодтой æр- тæ æхсарджын спартаконæн — Хъæцмæзты Пируз, Санахъоты Ар- шакъ æмæ Саулохты Симонæн. Уы- дон февралы зын уавæрты хъуамæ ахызтаиккой æфцæгыл æмæ пакет раттаиккой Владикавказы сусæг большевикон комитетмæ, уырдыгæй пакет рахастаиккой Хуссар Ирыс- тоны Округон Комитетмæ, Цæгат Ирыстоны хæхтыл хъуамæ ссардта- иккой Хуссар Ирыстоны партизан- ты къорд, йемæ сарæзтаиккой баст- дзинад æмæ æрыздæхтаиккой Дзау- мæ. Æмæ йæ сæххæст кодтой æн- тысгæйæ. Хуссар Ирыстоны Окру- гон Комитет уый схуыдта хъæба- тыр сгуыхтдзинад. Никуы ферох уыдзысты нæ адæ- мæй спартаконт^ — Бæззаты Геор- 89 ,
ги,Цоциты Илья, Цхуырбаты Гено, Бекъойты Алекси, Санахъоты Пла- тон, Иван, Джыгкайты Георги, Бæз- заты Сикъо, стæй меньшевикты ны- хмæ Цæгат Кавказы, Уæрæсейы хуссар хайы, Украинæйы 1919— 1920 азты урсгвардионты ныхмæ карз тохты хъæбатырæй чи фæмард, уыцы æндæр лæппуты рухс нæмт- тæ. Советон хицауады азты Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисон органи- заци баххæст ног тыхтæй æмæ но- джы разæнгарддæрæй райдыдта ку- сын, 1921 азы февралы Хуссар Иры- стоны фæскомцæдис бацыд Гуыр- дзыстоны фæскомцæдисон органи- зацийы скондмæ. Адæмон хæдза- рад æндидзын кæныны азты Гуыр- дзыстоны ЛКФЦ Хуссар Ирысто- ны организацийы сæдæгай фæском-, цæдисонтæ цыдысты фæндæгтæ, скъолатæ, рынчындæттæ аразынмæ. Архйвы документтæ бæрæг-бæлвырд дзурынц уыцы азты фæскомцæди- сонты фæллойадон сгуыхтдзинæд- тыл. Фæскомцæдисонтæ активон хайад истой фæндæгты арæзтады. Иу мин кубометры бæрц скъахтой сыджыт фæскомцæдисонтæ Стали- нир-Дзауы фæндаг аразыны рæстæ- джы. Дзауы фæскомцæдисонтæ ак- тивон куыст кодтой Гуфта-Часавал, Дзау-Едыс, Раро-Чеселт, Цъон-Те- делеты фæндагарæзтады. 1933 азы Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисон- тæ фæндæгты арæзтадьг æдæппæт сарæзтой 5.691 кусгæ боны. Хуссар Ирыстоны фæскомцæди- сон организацитæ парти æмæ хица- уадæн стыр æххуыс кодтой коллек- тивизацийы рæстæджы, уæлдайдæр та партион чыртæ кæм нæ уыд, уым. Хуссар Ирыстоны фыццаг кол- хоз арæзт æрцыд 1927 азы Цхинва- лы райаны Цъунары хъæуы. Уый саразыны инициатор уыд фæском- цæдисы обком. Уыцы фыццаг кол- хоз «Гутондар» саразыныл стыр куыст бакодта раздæры спартакон Джиоты Иван Уасилы фырт. Бирæ рæтты колхозты организатортæ уы- дысты фæскомцæдисонтæ. 1933 азы колхозты активон куыст кодтой. 2.000 фæскомцæдисонæй фылдæр. Фæскомцæдисонтæ æмæ фæсивæд разамынд кодтой колхозтæн. 1935 азы колхозы сæрдартæй куыстой 74 фæскомцæдисоны, бригадиртæй — 140 æмæ хынцæджытæй та — 186 фæскомцæдисоны. Социалистон арæзтады æндæр æмæ æндæр къабæзты стыр хъæп- пæрис æвдыстой фæскомцæдисонтæ æмæ фæсивæд. Уæлдай стырдæр ма- дзæлттæ æххæст кодтой ■ цæрджыты культурон-рухсады хъуыддаджы. Райдыдтой аразын скъолаты агъ- уыстытæ, куыстой ахуыргæнджыты кадртæ цæттæ кæныныл, скъола- тæн инвентарь самал кæНыныл. Фæ- скомцæдисонтæ зæрдиагæй æрæв- нæлдтои сæудæджерад йæ къахыл сæвæрынмæ, куыстой Гур-Сталини- ры æфсæнвæндаг аразыныл. Уыцы арæзтады хайад райстой цыппар мин фæскомцæдисоны бæрц. Гуфта- Часавал æмæ Сталинир-Ленингоры сосæ фæндæгты арæзтады комком- мæ хайад райстой æртæ мин æры- гон энтузиаст-фæскомцæдисонæй фылдæр. Фæскомцæдис парти æмæ дицауадæн стыр æххуыс кодта кол- хозтæ æмæ МТС-ы хæдзарадон æгъ- дауæй сфидар кæнын, колхозты æх- сæнадон фосдард сырæзын кæныны. хъуыддаджы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты аз- ты Хуссар Ирыстоны фæскомцæди- сон организаци йæ хæс сæххæст код- та парти æмæ адæмы раз, йæхи рав- дыста партийы аккаг æххуысгæнæ- гæй. Фæскомцæдисонтæй бирæтæ райстой Советон Цæдисы Хъайтары кадджьш ном, хицауадон хорзæхтæ. Хорз зындгонд сты Ленинон фæс- комцæдисы хъомылгæндтæ, ирон адæмы номдзыд фырттæ, Советон Цæдисы Хъайтартæ Цоциты Уасил, Кобылты Серги, Остъаты Алекси, Хъоцыты Къоста, зехсарджын хæс- тонтæ — Козаты Шаликъо, Кокой- ты Тариел, Джиоты Андрей æмæ бирæ æндæрты нæмттæ. Немыцаг- фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохты сæхи хъæбатырæй равдыстой фæскомцæдисон чызджытæ Цхуыр- баты Людмилæ, Плиты Екатеринæ, Хаситы Тамарæ, Докъадзе Натъа, Коцты Зоя, Галуанты Екатеринæ æмæ æндæртæ. Хуссар Ирыстоны фæскомцæди- сонтæ активон хайад истой Кавка- зы æфцджытæ хъахъхъæныны хъуыддаджы дæр. 1.400 фæском- цæдисоны райстой «Ка^ка^з бадъа- 90
хъхъæныны тыххæй» майдантæ. Знæгты ныхмæ карз тохты ирæттæ разындысты сæ кадджын фыдæлты аккаг. Райгуырæн бæстæйыл, адæм æмæ Коммунистон партийыл æну- еыд уæвгæйæ, уыдон æвдыстой æх- сардзинад æмæ лæджыхъæд. Раз- дæры спартаконтæй æмæ уый фæс- тæ фæлтæрты минæвæрттæй бирæ. тæ Советон Æфсады рæнхъыты ра- цыдысты стыр фæндагыл — рæн- хъон салдатæй суанг булкъон æмæ инæлæртты чины онг. Уыдон ным’æ- цы сты инæлар-лейтенант Хареба* ты А., инæлар-майор Сланты А., бул’- къонтæ Санахъоты Г., Гаглойты Н., Плиты Ф., дæлбулкъон Гæбæра- ты Р. æмæ бирæ æндæртæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджы- тæ фæсчъылдым партион, советон æмæ фæскомцæдисон организациты разамындæй æппæт сæ тыхтæ лæ- рæрдтой фронтæн баххуыс кæнын- мæ. Махмæ арæзт æрцыдысты зна-, джы , парашютисттæ, диверсанттæ æмæ шпионты ныхмæ тохы куынæг- гæнæг батальонтæ. Уыдон рæнхъы- ты уыдысты бирæ фæскомцæдисон- тæ æмæ фæсивæд. Советон патриотизмы бæлвырд æвдисæндартæй иу уыд Советон Æфсадæн уæлæмхас хæцæнгæрзтæ рауадзыны охыл фæрæзтæ æмбырд кæныны æппæтадæмон змæлд. Че- лябинскы фæсивæды хъæппæрис бафæзмгæйæ, нæ бæстæйы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны фæллой- гæнджытæ, дæр райдыдтой фæрæз- тæ æмбырд кæнын. Уьгцы хъуыдда- джы цырв уыдысты Цхинвалы хъæд- куысты комбинат, агуириаразæн завод æмæ «Трикотажы» артелы фæсивæд. 1941 азы 14 октябры уы- дон фæрæзтæ æмбырд кæнын рай- дыдтой Хуссар Ирыстоны фæском- цæдисы номыл танкæйон колоннæ саразыны тыххæй. Æмæ уыцы цæ- виттон апарахат алы ран дæр. Хъахъхъæныны фондмæ хастой æр- мæджы æхца, хæлцадон продукттæ. Уымæй дарддæр ма йын лæвæрд- той сæ мызды иу хай. Фæскомцæдисонтæ æмæ фæсивæд æнувыдæй куыстой колхозон быдыр- ты, фосдарды фермæты. Æрмæст 1943 азы тыллæг æфснайыныл куы- стой 6 мин фæскомцæдисон æмæ 10 мин~ скъоладзауæй фылдæр. Облас- ты арæзт æрцыд 37 бригадæ æмæ 295 цæджы. Уыдон уæнгтæ æвдыс- той удуæлдай куысты цæвиттон, хъæууонхæдзарадон культурæтæй зайын кодтой хъæздыг тыллæг. Сæ хистæр æмбæлтты фæзмгæйæ, фæскомцæдисы разамындæй фрон- тæн æххуыс кодтой пионертæ дæр. Арæзт æрцыдысты æртæ тимурон командæйы. Уыдон 1942 азы сæрды æрæм’бырд кодтой æмæ радтой сæ- дæгай килограммтæ хъæддаг дыргъ æмæ хосы кæрдæджытæ, дыргъ æр- выстой, эвакуаци чи æрцыд, уыцы сывæллæттæн, тоннæгæйттæй лæвæ- рдтой сау æмæ хуызджын згъæры иъæлтæ. 1943 азы нæ обалсты пио- нертæ æмæ скъоладзаутæ фæрæзтæ æрæмбырд кодтой «Æрыгон пионе- ры» танкæйы колоннæ саразынæн. Нæ областы фæскомцæдисон ор- ганизацийы хъæппæрисæй 1943 азы фæззæджы «Гуырдзыстоны фæском- цæдисы» номыл танкæйон колоннæ саразынæн лæвæрд æрцыд æрдæг миллион сомы. Фæрæзтæ æрæмбырд кæныныл стыр куыст бакодтой «Со- ветон Гуырдзыстоны» хæдтæхджы- ты эскадрили саразыны охыл дæр. Знауыры районы Бахъаты хъæуы æмæ Ленингоры районы Морбеда- ны хъæуы фæскомцæдисон органи- зацитæ бах^стой фæйнæ 25—30 мин сомы. Хицæн фæскомцæдисонтæ æмæ пионертæ Хъуылымбегты Зи- нæ, Гигаури, Гогинова æмæ бирæ æндæртæ бахастой фæйнæ цалдæр мин сомы. Хæстыфæстæ азты, стæй ныртæк- кæ дæр Хуссар Ирыстоны фæском- цæдис кæны хъазуатон куыст, йæ разы цы хæстæ ис, уыдон æххæст- кæныныл. Уый спартаконты чысыл чыртæй сырæзт, йæ рæнхъыты 15 мин адæймаджы кæмæн ис, ахæм къорды онг. Активон хайад исы дæ- сæм фондзазоны хæслæвæрдтæ æн- тысгæйæ æххæст кæныны хъуыдда- джы. 3
ГУБАТЫ ФЕДЫР ИРОН ХÆХБÆСТЫ БЫНДУРОНДÆР КОНДÆДТÆ ХИАРАЗГÆ ЦÆРÆНГÆРЗТÆ Ирон хæххон адæм кæд зын уа- вæрты цардысты, уæддæр сæм тынг рагæй фæстæмæ уыд æмæ ныр дæр ис сæхи сæрмагонд алыхуызон æрмдæснытæ, æрмдæсныйады æр- мадзтæ, сæхи бынæттон ар/æзтадон æрмæг, мидбæстаг хомыс æмæ ку- сæнгæрзтæ. Ирон дзыллæ сæ бындурондæр куыстадон æрмадзтыл нымадтой: куырдадз, зырнадз, зæрингуыр- дадз, æрхуыгуырдадз, хъ’æдгæрз- тæ æмæ дурынмигæнæнты арæзта- дон æрмадзтæ. Уыдис æ,мæ сæм ис ныр дæр дæсны сисамайджытæ, хъæдын хæдзараразджытæ, хъæд, дур æмæ сыджытæй аив дæснытæ, уæрдон æм.æ саргъаразджытæ, цыргъаг, стæй зынгæй æхсæг хæ- цæнгарзаразджытæ, цармаразджы- тæ, фæсмы мийы, карцкæрдыны æмæ бирæ ахæм æндæр куыстыты дæснытæ æмæ мигæнæнаразджы- тæ. Хæхбæсты бынæггтон бындурон- дæр арæзтадон æрмæг <æмæ хомы- сад уыдысты æмæ сты ныр дæр хъæд, дур, агуыри, змис, чъыр, сы- джыт, фаджыс, дон, стæг, сыкъа, царм, гæн, хуыйы хъис,фæсал æмæ бирæ æндаер ахæмтæ. Згъæры мыг- гагæй та сæм уыдис зды, цинк, æр- хуы, бронзæ, фæзынди-иу сæм æф- сæйнаг æмæ æвзист дæр, фæлæ уьт- дысты цъух. Ахуыргæндтæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй æфсæйнагæй ку- сæнгæрзтæ æмæ миг.æнæнтæ ара- зыны хъуыддаг ирон адæммæ фæ- зындис нæ эрæйы размæ фыццаг мин азы, уыд тынг размæцыд. Ирон адæммæ æппæты рагон- дæр æрмадзтæй иу у куырдадз. Куырды куыст тынг размæцыд уы* дис иры фыдæлтæ алантæм дæр. Куырдадз зынгæ бынат ахста иры хъайтарон фыдæлтæ нартæм дæр. Нарты кадджыты куырды куыс- ты кой бир(æ рæтты ис. Цæвиттон, «Æхсæртæккаты æмæ Борæты хæст»-ы дзырдæуы, зæгъгæ, Æх- сæртæккаты чысыл лæппутæн хъазгæ-хъазын сæ къори батылди Борæты куырдадзмæ æмæ йæ фæ- дыл цы лæппу бацыд, уый Борæты куырдтæй сæ иу ацахста æмæ йæ æрбамардта...» Нарты кадджыты «Сосланы мæ- лæт»-ы дзырдæуы, зæгъгæ, Балсæ- гæн йæ чызджы Сослан кæй баф- хæрдта, уый тыххæй йæм Балсæг см!æсты æмæ йæм йæ цалх рарвыс- та марынмæ, фæлæ йыл Сослан йæхæдæг фæтых, ныцъцъæл ын кодта йæ цæлхытæ. Уæд Нарты Сырдоны • амындмæ гæсгæ Балсæ- джы цалх йæхицæн болат фæрчы- тæ саразын кодта Куырдæлæгоны куырдадзы æмæ алыг кодта Сосла- ны къæхтæ. Уæдæ бирæ ис Нарты кадджыты куырдадзы кой, фæлæ кæй загъ- там, уыдон дæр фаг сты, нарты за- маны дæр куырдадзæн стыр ныса- ниуæг кæй уыдис, куырдадз ирон адæммæ тынг рапæй кæй ис, уый бафидар /кæнынæн. Хъæууон хæдзарады куырдадзы 92
куыстæн стыр нысанйуæг кæй уыд, уымæ гæсгæ хæхбæсты алы комы цæрджытæ дæр архайдтой, цæмæй сæ хъæуы уыдаид куырдадзы æмæ куырды куысты дæснытæ. Куыр- ды куыст-иу чи базыдта, уый йæ дæсныйад лæвæрдта йæ кæстæр- тæм æмæ цыди фыдæй-фыртмæ. Уымæ гæсгæ ирон адæммæ баззад ахæм æмбисонд: «Куырд куырдыл ахуыр кæны». Ирыстоны дæр рагæй фæстæмæ бирæ уыд, ^куырды куыст чи зыдта, ^ахæмтæ. Уыцы дæсныйад фыдæй-фыртмæ рагæй фæстæмæ кæмæ хызт, ахæм мыггагыл нымад æрцыдысты Дзауы районы Дзриа- йы хъæуы цæрæг Медойтæ. Дзыр- дæуы, зæгъгæ, уыдонмæ куырдадзы куыст рахызтис цыппар фыдивыд райдианæй æмæ ма йæ ныр дæр нæ уадзынц сæ тæккæ ’ арæхст- джындæртæ. Медойты Бæди æмæ Дианоз кæд базæронд сты, уæддæр нырма куырды куыстæй нæ фæлмæцынц. Уыдонæн се ’фсымæртæ Пеша æмæ Бецъа дæр сæ амæлæты бон- ’мæ кодтой куырды куыст. Куырдадзы хатæн фылдæр хатт арæзт уыдис дурын къултæй, зæх- бын, цæмæй зынгæй æдасдæр уы- даид, уый тыххæй. Хорз куырдадзыл нымад цыдис, йæ агъуыст дыууæ хатæнæй конд кæмæн уыдис, уый. Сæ иу куырды куыст кæнынæн, иннæ та — арæзт мигæнæнтæ æвæрынæн. Куырды бындурондæр кусæн- гæрзтæ сты: куынц, хъæсдарæг, дзæбуг, æлхъивæн, аркъау, рæстæ, æртысгæнтæ, æндон æфсæйнагæй- арæзт лыгпæнæн æмæ хуынкъгæ- нæнтæ, хæраг дурæй егъау сигæц æмæ æндаер фæлмæндæр цыргъгæ- нæн дуртæ. Уыдонимæ хæрзфæл- мæн (комæвæрæн) дуртæ дæр. Иу- æй-иу куырдадзты дарынц къухæй зилпæ цалх, цалдæргай цыргъгæ- нæн тымбыл дуртимæ, доны тæгæ- на, донпырхгæнæн цъылын, æвза- лыисæн фиййаг, ’æвзалыйæн чы- рынгонд арæзт къуым æмæ -æндæр- тæ. Банысангонд кусæнгæрзтæн се ’ппæтæй вазыгджындæр арæзт у куынц. Куынц йæхæдæг арæзт цæ- уы 26 бындурондæр хицæн хæйт- тæй: 2 тъæпæн фæйнæг фарсы, æр- тыгай хъæлтимж, 2 æрчъиагæй фа- рины, 5 къæлæтгонд уисы, 4 фæй- нæджы лыггаджы (куынцы ком- аразынæн), куынцы 4 чысыл æвду- зæн фæйнæджы лыггаджы, уæл- дæфцæуæн чысыл æфсæйнаг хæ- тæл, куынцивазæн хъил куынцы уæлæ хуыд- бæттæнтимæ. Уæдæ, цæмæй куынц саразай, уый тыххæй райдианы саразын хъæуы куынцæн фæйнæджытæй йæ дыууæ фарсы, алы фарсæн дæр хъæуы, кæд фæтæн уой, уæд 2, кæд нарæг, уæд та — 3 фæйнæджы гæбазы, афтæ, æмæ, Уыцы фæйнæ- джытæ кæрæдзийыл фæрсæй-фæрс- тæм баныхасгæйæ, сæ дæргъ 1 мет- рæй чысыл даргъдæр куыд уа,, сæ фæтæн та 70—80 сантиметры бæрц, афтæ. Уыдонæн сæ иуы ’рдылæй фæрс- тæ се ’мбисæй фæстæмæ хъуамæ уой фæтæндæр æмæ тымбылаив, æмби- сæй размæ та — нарæгдæр, куыро- йы къутуйау. Фæйнæджытæ кæрæ- дзийыл вæййынц бурæмæдзæй æн- гом ныхæст æмæ сын ноджы фи- дардæры тыххæй сæ уæлæ бахуы- дæуы дыууæ хъæлы дæргъæрдæм, иу хъæл та — уæрхæрдæм. Афтæ арæзт æрцæуы куынцæн иннæ фарс дæр. Уый фæстæ дыууæ фарсы кæ- рæттыл дæр баныхасынц бæх- дзарм, кæнæ та 2—3-аздзыд стуры цармæй дыууæ кæнæ та 4 фарины, æрмæст уыцы фаринтæ хъуамæ уой фæлмæн над еерчъиаг- . æй. Уыдонæн сæ кæрæттæ куынцы фарсфæйнæджы кæрæттæм вæй- йынц .æнгом ныхæст кæнæ хуыд, афтæ, цæмæй куынцы хуылфмæ йæ фæрстæй уæлдæф мачердыгæй цæ- уа, йæ дзыхы уæвæг уæлдæфцъи- рæн æфсæйнаг хæтæлы йедтæмæ. Куынцы фæрстыл цы цæрмттæ фæныхасынц, уыдон хуылфы ’рды- гаей вæййынц, фæндыры тæнтау, дыдæгътæ. Уыцы дыдæгътæ вæй- йынц цыппар кæнæ та фондз. Ды- дæгъты хуылфы бакæнынц рæс- тæмбис нæлгоймаджы æнгуылдзы- ста^вдæн уисæй къæл.æ,тпæндтæ гармоны хуызæн. Дыдæгътæ куын- цы фæрстæм афтæ ныхæст хъуамæ уой, цæмæй куынцы уæллаг фар- сæн уа 70—80 сантиметры (хæрдмæ сивазæн æмæ фæстæмæ æруадзæн. Уæлæмæ сивазгæйæ йæ хуылфмæ 93
Уæлдæф бацъи^а, фæстæмйз æр- уадзгæйæ та уæлдæф рафу кæна. Уый фæстæ куынцы фарсфæйнæ- джыты нарæгдæр иæрæттæм хаерз- æнгом бахуыйынц цыппар цыбыр фæйнæджы лыггагæй уæрæх хæ- тæлгонд æмæ йын йæ хуылфы ба- тъыссынц æфсæйнаг хæтæл, уæл- дæф цъирын æм,æ фукæнынæн. Уы- цы æфсæйнаг хæтæлæн йæ дæргъ хъуамæ уа 50—60 сантиметры бæрц. Куынцæй дзы æддæмæ хъуа- мæ зына 30—35 сантиметры, цæ- мæй куынцы бырынкъ æвзалыйы зынджытæм 1æввахс ма уа æмæ ма судза. Куынц арæзт куы фæуа, уæд куырдадзы хатæны астæу дуртæй самайынц зæххæй иу метр бæрзонд- дæр æфсæйнаг тæвдгæнæн тæрхæг, йæ дæргъ æмæ йæ уæрх иугай метр- тæ куыд уой. Дыууæ фарсыл ба- хуыйынц фæйнæгæй чъилтæ, цæ- мæй йæ хуылфæй æвзалытæ фæй- нæрдæм ма кæлой. Уыцы чъилты ’хсæн ныннæмынц æлыг сыджыт. Уый фæстæ уыцы тæрхæггондæй куырдадзы хатæны фæстаг къулты ’хсæн зæххы ныссадзынц фæрсæй- фæрстæм дыууæ цæджындзы, цæ- джындзты уæлæ бахуыйынц цæх- гæрмæ иу хъæл æмæ сын сæ уæлæ æрывæрынц куын’цы фæстаг кæ- рон. Куынцæн йæ нарæгдæр кæрон та сæвæрынц æфсæйнаг тæвдгæнæп тæрхæггонды былыл, афтæ, æмæ йе ’фсæйнаг хæтæлы фæстаг кæрон тæвдгæнæны астæумæ куыд æххæс- са. Куынцæн йæ уæллаг фæйнæг- фарсы фæстаг кæрон хуыд вæййы фидар гæрз кæнæ бæндæны лыггаг цасмгонд. Йæ цасмы йын атъыс- сынц лыстæг хъил. Уыцы хъилæн йæ астæу æрæвæрынц царммæ фи- даргонд цæхгæр æндзалмыл æмæ йæ афтæмæй дымынц. Æфсæйнаг- тæвдгæнæн тæрхæгыл жвзалы су- дзы. Цæмæй, æфсæйнагтæвдгæнæн тæрхæгыл цы ’взалытæ фæсудзы, уы- дон фæздæг куырдадзы хатæныл ма лæууа, уый тыххæй тæрхæджы комкоммæ цары саразынц уæлæмæ фæздæгуадзæн ердо. Куынцдымæг ма æндæр куыстытæм дæр фæкæ- сы. Фæрсхойæджы фæрцы куырд уый бæрц нæ фæллайы, уымæн æмæ уый æрты’сгæнæй тæвд æф-* сæйнаг хъæсдарæджы уæлæ ра- фæлдах-бафæлдах • кæны, чердæм æй хъæуы, уыцы ’рдæм, æмæ йæ фæрсхойæг та дзæбугæй цæвы, ца- лынмæ æфсæйнаг гобытъи кæнинаг уа, уæдмæ, уый фæстæ йæ куырд аразы йæхæдæг рæуæгдæр дзæбуг æмæ æндæр хъæуæг кусæнгæрзтæй. Фæрсхойæг йæхæдæг дæр хъуамæ зона куырды куыст. Уæдæ (куырдадз æмæ куырдадзы куыстæн куыд фыщæлты заманы, афтæ ныр дæр ис стыр нысаниуæг хохы дæр æмæ быдыры дæр, уы- мæн æмæ куырдадзы .арæзт цыдыс- ты æмæ цæуынц хъæууонхæдзара- дон æппæт куыстытимæ баст æф- сæйнаг кусæнгæрзтæ. Зæрингуырдадз. Ирон адæммæ зæрингуырды куыст фæзынд фæс- -йæдæр. Зæрингуырдтæ уыдысгИы стæмтæ. Цæгат Иры зынгæ зæрин- гуырд хуыдтой Дæргъæвсы хъæук- каг Дегойты Азе æмæ Хуссар Ир- ыстоны та—Дзадтиаты Никъойы. Никъо уыцы дæсныйад сахуыр код- та Тбилисы, дагъестайнаг зæрин- гуырдмæ кусгæйæ. Никъо æвзист æмæ сыгъзæринæй тынг рæсугъд аивадон нывæфтыд- тытимæ арæзта хъаматæ æмæ æх- оаргарды кæрддзæмы <æ1ддаг цъæрт- тæ,, бæрды сæртæ, сылгоймаг æмæ нæлгоймвджы рæттæ, къухдарæнтæ æмæ хъуссæджытæ, цонджы сах- сæнтæ, сыкъайы тæлытæ, саргъы гоппытæ, мæргъгæтæ æмæ бирæ æндæр дзаумæттæ. Фæлæ зæфцы- фыдæй ныппаплой сты йæ зæрин- гуырдадзы кусæнгæрзтæ йæ амæ- лæты фæстæ. Æрхуыгуырдадз. Ирон адæммæ раджы фæзынд æрхуыйы куыст дæр. Æрхуыйы куысты дæсны адæймæг- ты хуыдтой æрхуыгуырдтæ, сæ ку- сæнæрмадз та хуынди æрхуыгуыр- дадз. Æрхуыйæ арæзтой æрхуы æгтæ, арахъхъуадзæн хæтæлтæ, хъуыв- гъантæ, цайдантæ, тæбæгътæ, уид- гуытæ, тастæ, хихсæнтæ, къухдарæн- тæ æмæ бирæ æндæртæ. Æрхуы дæр зын ссарæн кæй уыд, уымæ гæсгæ æрхуы мигæнæн уыд кадджын æмæ зынаргъ. Уæлдай кадджы-н æмæ эынаргъдæр та уыдысты æрхуы аг æмæ цæджджи- 94
йæгтæ. Æрхуы агтæ саразын сæ бон уыдис хъæздыг хæдзæрттæн. Æрхуы зынаргъ кæй уыд, уымæ гæсгæ æрхуы агтæ лæвæрдтой, туджджынтæ, туг кæмæй дардтой, уыдонæн. Æрхуы агтæ лæвæрдтой ирæд исыны рæстæджы. Зырнадз. Зырнадз æнгом баст у: хъæдыл аив нывæфтыдтæ аразыни- мæ æмæ фæзынд фæстæдæр. Зырны куыст кодтой хицæн сæрмагонд, хатæнты, кæнæ т’а хæдзары тыргъты хицæн къуымты. Зырны куыст кæм кодтой, уыцы бынат хуыдтой зыр- надз. Зырнадзы иумæйаг æмбырд- гонд станак хуыйны «зырн». Зырн кон/д цæуы 5 бындурондæр хайæ: 1. Къодзла æфсæйнаг туасимæ. 2. Аркъау. 3. Æлхъивæн хъæд. 4. Къулдуас (къулы туас). Аркъау йæ- хæдæг конд цæуы 6 хицæн хайæ: хъæдын зæнг, зæнджы 3 æфсæйнаг дæндаджы æмæ 2 æфсæйнаг тæлы- йæ. Къодзыла та арæзт цæуы æрдзон æгъдауæй, хъæды æрзайгæ къæлæт- Гонд къ’æдз бæласæй æмæ йын йæ къæдзы астæу фæрсæрдыгæй ба- къуырынц гуымыдзагонд фидар æфсæйнаг туас, амонæн æнгуылдзы- стæвдæн чи уа, ахæм. Зырн йе ’ппæт кусæнгæрзтимæ æд бынат хуыйны зырнадз. Зырныл кæй сарæзтæуы, уый та хонынц зырнæй- зылд ми^æнæн._ Зырнадзы кусæн- гæрзтæм х&уынц: къодзла æд хæйт- тæ, хырх, фæрæт, тадзин, пъæнæз, дзагуыр, хоцъитæ, къусхафæн, бы- рæу, сарт, дзæккор, мысалгъ, дæргъ- барæн, кард, тымбыл хахгæнæн, лæгъзгæнæн æмæ æндæртæ. Зырнæй арæзтой æмæ аразынц тЫхМбыл фынг, сынтæджы æмæ скъаппы къæхтæ æмæ къусмигæ- кæнтæ. Къусмигæнæнтæм та хауынц: арынг, тæбæгъ, куысси, гуымбыл- ахсæн къози, къус, нуазæн, цæххы копп æмæ æцдæртæ. Райдианы, цалынмæ зырн нæма фæзындис, уæдмæ къусмигæнæн- тæ арæзт цыдысты къухæй хуымæ- тæджы амад æмæ лæгъзгонд. Ахæм æгъдауæй арæзтыл хардз цыдис тынг бирæ тых æмæ рæстæг, сæ хуыз дæр уыд хуымæтæг, æвидыц. Иугæр зырн куы фæзынд, уæд сæ куыст бирæ фенцондæр, цыдис æнтысгæйæ, кæй арæзтой, уый уыд рæсугъддæр. Кæй куыд фæндыд, афтæ сæ арæзта рæсугъд нывæфтыд уырьшгтимæ. Зырн зылдтой цæнгдыхæй дæр æмæ доны тыхæй дæр. Зырны куыстæн дыууæ адæймаг- æй къаддæр- нæй гæнæн, кæд æмæ йын къахæй зилгæ станок нæ уыда- ид, уæд. Зырнæйзылд .мигæцæнтæн æвза- рынц, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, тæгæр, цъабли, æнгуз, тулдз, сы- вылдз. Къусмигæнæты аразыны æгъдау бындуронæй у иухуызон, кæд сæ асмæ гæсгæ кæрæдзийæ хицæн кæ- нынц, уæддæр. Сæ арæзты райдиа- иы куыстытæ сты ахæмтæ: хъæды бацагурынц, * къусмигæнæнтæн чи бæззы, ахæм мыггагæй раст, æнæ арх, æмдымбыл бæлас (бæласы ставд баст у, цахæм мигæнæнтæ арæзтæуы, ууыл), ракалынц æй æмæ дзы цы хай бæззы, уый ралыг кæ- нынц, æрласынц æй хæдзармæ. А.хæм бæлас ракалынц фæззæджы, иугæр й,æ дон куы басур вæййы, уæд. Фæззæджы калд куы нæ ’рцæ- уы, уæд æй калынц зымæджы дæр. Хæдзары уыцы мигæнæйнаг хъæды хырхæй алыгтæ кæнынц. Лыгтæ та сæ кæнынц баргæйæ, цæмæй лыг- гæгтæн сæ дæргъ æмæ сæ уæрх уой æмиæстæ. Лыггæгты фæрæтæй сæ астæутыл афадынц æмæ алы лыггагæн дæр йæ фасты ’рдыгæй фарс фæрæтæй кæнæ тадзинæй слæгъз кæнынц. Уый фæстæ уыцы лæгъз фарсы ас- тæу ныссадзынц тымбыл хахгæнæн циркуль æмæ йын йæ кæрæтты æм- бæрц йæ хуылфы тымбыл хахх æр- кæнынц, афтæмæй хаххы æддейæ цы тигътæ баззайынц, уыдон фæрæ- тæй самайынц. Лыггаг стымбыл вæйы æмæ та уæд уыцы тымбыл лыггаджы тъæпæны астæу нæуæгæй хахгæнæнæй тымбыл хахх æрзи- лынц, афтæ, æмæ уыцы хаххæй йæ былты ’хсæн 1,5 кæнæ та 2—3 сан- тиметры бæрд куыд уа. Сæ былты бæзн баст у, цы мигæнæн ара- зай, уый асыл. Уый фæстæ уымæн йæ тымбыл хаххы мидæгæй йæ хуылф скъахынц дзагуырæй. Къусмигæнæйнаг хырхæй цыбыр ныллыгтæ кæныны æмæ ныффæсты- 95
тæ к&нынæй йæ хуылф дзагуырæй къахыны æввонг скæнынмæйы онг куыст хуыйны гобытъи кæнын. Дзагуырæй къахт куы фæвæййы, уæд та йæ хонынц къахт гобытъи, кæнæ та зилинаг мигæнæн (тæбæгъ, къус кæнæ æндæр исты, цы мигæ- нæн уа, уый ном). Ирон адæммæ кæд фыдæлтæй цы зырнадз баззадис, уый уыдис хйрз хуымæтæджы арæзт, уæд сæм фæс- тагмæ фæзындис нæуæг, • механи- зацигонд зырны станок, къахæй зи- лæн кæмæн ис, ахæм. Уый фæстæ та электроны тыхæй зилынгæнæн станоктæ æмæ уыдон стыр æххуыс фесты зырны куысты техникæ фæ- хуыздæр æмæ фенцондæр кæнынæн.
Б Д Р А С Т К Æ Н II Ы А Г Журнал «Фидиуæджы» 17 фарсыл дæлийæ уæлæмæ 17 рæнхъыл кæсын хъæуы: «Цæргæсы базыртау — мæ сустæ». 21 фарсыл уæлийæ. дæлæмæ'8 рæнхъыл кæсын хъæуы: «Ахстæттæ кæсынц æнкъардæй». 22 фарсыл уæлийæ дæлæмæ. 9 рæнхъыл кæсын хъæуы: «Нæ зоныс ды уæз- зау сагъæс æфсондз-уаргъ».