Теги: журнал   мах дуг  

ISBN: 02064162

Год: 1993

Текст
                    МАХ
5-6'93
Сæ^мраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЫ Гæстæн
ГУСАЛТЫ Барис (бæрнон
секретарь)
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ
НАША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. редактор Кодзырты Жаннæ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


НОМЫРЫ ИС: Цæрукъаты Алыксандр. Удварны хæзнатæ. Æ м д з æ в- гæтæ ♦ 3 Дауыраты Дамир. Горæтаг кæрт. У а ц а у . . П Хъайтыхъты Геор. Фæндараст. Æмдзæвгæ. . . 47 Токаты Асæх. Софя. Рагон хабар 50 ФÆСАРÆЙНАГ ИРÆТТÆ Уарзиаты Вилен. Дон дæр йæ рагон фæд агуры 59 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Гæдиаты Секъа. Колыты сауджын Аксойы тыххæй цыбыр дыууæ ныхасы 77 Колыты Аксо. Æмдзæвгæтæ 79 РÆСТÆГ — РÆСТÆВЗАРÆН Туаллæгты Æхсар. Рæстудæй 85- АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Иба æмæ æлдар \0& АЛЫХУЫЗОН ТЕМÆТЫЛ Хъайтыхъты Азæмæт. Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы . 1 К> Тедтойты Зинæ. Ирон дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ Хъаны- хъуаты Иналы очеркы . . . ’ . .112 Дзусты Светланæ, Елойты Юрий. Хæдзариуæг кæныны хуызтæ æмæ сæ фæлтæрддзинад . . . . . ПЯ. ХУДЫНДЗÆГ Джех æмæ Дзæгъгъо. Фысджытæ худындзæг , . ]2Ф Учредители: СП СОССР, СОИГИ и коллектив редакции> Сдано в набор 3.03.93. Подписано к печатн 22.10.93. Формат бумаги 60х84'/1в. Бум. тип. № 3. Гарн шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 0,74. Учетно- язд. лнстов 6,36. Тираж 6000 экз. Заказ /6 П6. Цена 2 руб. Адрес редакцнн: 362040, г. Владикавквз, пр. Мира, 25. Телефоиы: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журнальная типография Госкомн- тета СОССР по делам издательств, ко- лиграфии и книжной торговлн. 362015,, г. Владикавказ, пр. Коста, 11. © Мах дуг № 5—6, 1993
ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР Удварны хæзнатæ ÆЗ ДЗУРЫН ДЕМÆ-РАСТ ЦЫМА ÆГАС ДÆ Сохты Гагейы чызг Маяйы рухс ном мысынæш- Æрбадæм ма æгуыппæг къуымы, хибар, Зæххонтæй рох цыртдзæвæнтау ныхъхъус уæм. Нæ мидсагъæстæ суадзæм уал сæхи бар, Æмæ сын мах сæ цъæхахстмæ ныхъхъусæм... Цы хъизæмæрттæ бавзæрстай, цы фыдтæ — Дæ цæсгомыл кæд мард-тухæн тыны уæфт. Цы райгæ сæнтты истæмæ бæллыдтæ — Сæ хæдравзæрдыл баисты быны сæфт. Зæрватыккæн йæ лæппынты сæударæй Цыма æд ахстон цъыфдзасты ныппæрстой, Æрвдидинæджы зонгæ-зонын барæй Хуыварн хуызхортæ цæлхвæды ныфсæрстой. Дæ дарæджы куы амардтой хæлæгмæ — Нæма уыдтæ æнцой-æнцой цæуынхъом. Йæ бæсты дæм æрыздæхтис æрæгмæ Рæстаг уды æнæазым цыты ном... Дæу нал рæвдыдта Урсдойнаг цъæх уалдзæг, Дæу нал æндæвтой Фадауы уæлвæзтæ. Æрвдзæф бæлас йæ рæзгæйæ ныккалцæг, Нæ ныууагъта бындары тау йæ фæстæ. Нæ дæ фæци, хæрзæг уæвгæйæ, амонд, Дæ цæстытæ æдзæссыгæй куыдтой-иу. Кæйдæр дам-дум — дæу басудзæг фыдраконд, Æмæ дæ знаджы байзæддаг хуыдтой-иу... О, де ’рыгон, дæ сабион зæрдæйыл Ныббадт пъæззыйау хъиурæдув уæззау низ. Кæд иу æвзæр нæ хуыздæртæй сæдæйыл Æргомæй кодта алцæмæй уæлахиз! Ныдздзæгъæл царды де ’фсымæр, дæ кæстæр, Уый сси æддæсон, хауæггаг бæззонæй. Æмæ æвзонгæй нал федта уæ къæсæр, Нæ рабæрæг, цы ран фесæфт, цы ’фсонæй... 3
Дæ мад мæрдтæм уæд ацыди йæ фæдыл, Ды сдæ æртæйыл маройгæнæг саудар. Ныттыдта зæхх дæ къæхты бын, æмæ дыл Æвиппайды нæ мæнг дуне æрбатар... Тындзгæ тæхынц нæ Суары донау азтæ... Уый уасæгой нæ Хъæрæгъæцæй уасы... Æз дзурын демæ — раст цыма æгас дæ: Дæ рухс сурæт кæугæ-худгæ — мæ разы. 22.У111.92 ÆРÆГМÆ Арт-иу скодта йæ лæгæты фистриу лæгсырд, Цæхæр абон дæр судзы, нæ сысы... Афтæ рагон фыдæлтæн сæ ныстуайнаг дзырд Арæх ивгъуыды тар къуымæй хъуысы... Мах нæ фæуадзæм уыдон рæстаг зонд æввахс, Вæййынц уымæн нæ цухтæ æгæр кæд... Ехх, куыд æрæгмæ райсæм нæ зæдты ныхас: Уый æрмæстдæр — мæлæты хæдуæлвæд! 5.1Х.9Г ^Ратон фыдæлтæ — ныхасыл æлгъин, Се ’гъдау — йæ тыхы. Дудгæ æлхысчъытæ абон зæгънн,— Дургуыф — мæ дзыхы! «Уæллæгты» рæгъы та чидæр æрбадт Кадмæ цыбæлæй. Равзарæм ахæмы мах депутат Исты æнхъæлæй... Уый та фæкæны йæхи мæт æрмæст, Адæм дзы — сайды. Ахæмтæ иумæ — æмвæндæй æмхæст Алы пайдаты! Иу фынгыл иумæ — сæ къæбæр, сæ цæхх, Се ’ргом æмбæхст у. Суанг сын ингæнтæн Кьостайы цур зæхх Рагацау уæрст у! Чи фылдæр райсы «лæвæрдтæ», гæртам — Схизы уæлдæрмæ. Гени-лæг сдæн, зæгътæ, дары йæ къам Къулыл йæ сæрмæ. 4
Алчи йæхион-хæстæджы фæрцы — Дзагкъуым къæбицы. Дурхор лæмæгъдæры хурхыл хæцы, Аннæмæ — ницы... Удварны хæзнатæ сæфынц бынтон, Базар — сæ бæсты. Афтæмæй растдзæни махыл зындон Зины бæрнæхсты. Не стыр «хæлардзинад» разылд цæмæ? — Марынц кæрæдзи! Нарон поэтæн йæ фæдзæхст цымæ, Оххай, цы фæци?!. Чи нын ныккодта нæ хæрзты бындзагъд Лагерь-цæрæнты? Саударæн цыртытæ цал æрцыд сагъд Арвы кæрæтты!.. Абоны уавæр æрхæццæ кæцæй, Цавæр фæндагыл? Саби бæргæ нæу фыдгæнæг гуырцæй,— Бафты фыд уагыл! Иры дæсныты куырыхон сæрфат — Сабыр, æнæ хыл. Нал ис сæ цотæн цæй тыххæй бынат Абон нæ зæххыл? Ацы’ дзыбандытæн райдайæн нæй Æмæ кæрон дæр! Ницы — нæ бахъаст уæле уа, бынæй, Ницы — нæ бон дæр! 1.У.92 + Къæмбыртыл хаугæйæ, лæгъзыты чиугæйæ, Афсæрын ме ’мбудтæ æххæлты байвæды. Хатгай хъæрзгæ-куыдæй, кæнæ та ниугæйæ, Утæхсын,— раст цыма ололи тар хъæды. Афгæ мæ бахсыдтой алы фæсмойнæгтæ, Рагои рæдыды фæстагмæйы хъизæмар. Цас нымбырд азымы, уайдзæфы койæгтæ, Иунæгæм — никæмдæр иу хион, иу хæлар. Царды æрдзон уаг æдзух мын — нæфæтчийау.... Дурлæгтæн кувгæйæ, бирæтæ бастъæлди... Бамбæрстон, оххай, цыдæртæ æрæджиау: Хинты къуыбылОй йæ цæфыл нæ райхæлди. Дис-иу нæ кодтон æз боны сæудзир-дзурыл, Дымгæты рагæппыл къæдзæхы мит-сæрæй, б
Дуне уæлвонгæй рæвдауæг зæрнн хурыл, Н* арæзтон удфæндыр мæргъты къуыззитт хъæрæй. Ахуырст дзындз-хæлттæй æлдымæн цытæ быдтои Æмæ куыд арæзтон сайæн ныры бонтæй! Ницыйы исты уæвгæ та цæмæн хуыдтон Искæй фыдбылызы садзгæ гуымы зондæй?! Рагон æрвдзæф тулдз нын — саст цонг бæгънæг хихтæ, Зымæг æй ахсдзæни айнæджы сау риуыл. Уый йыл æрцауындздзæн фатдзыргъ дæвдæг ихтæ, Æмæ йæ тымыгътæ хойдзысты къардиуыл. 30.УШ.92 ХЪÆРÆГЪÆЦЫ УÆЛМÆРДТÆ Хъæрæгъæцы сæрмæ — рохыуагъд уæлмæрдтæ. Цыртытæ — кæды давд! Ингæнтæ — лæбырд. Баивгъуыдтой уырдæм раздæры фæлтæртæ, Лом, мыггаг æппæтæй — сыджыты ныхъуырд. Ехх, æвæдза, уыдон схизын кæн уæлæмæ! — Фениккам æмуидаг рагæтты фæлгонц. Стæгдарты рæдзæгъдтæ нæ фæлæ уæдæмæ — Ивылгæ дзыллæйы ам æд цин, æд хъоиц. Сабитæ, зæрæдтæ, чи — чындздзон, чи — усгур, Урсдоны былгæрон хъомылгонд зæнæг. Фæлæ сыл æнусмæ бамынæг сæ рухс хур, Хаттысты нæ зæххыл — ницæмæй бæрæг... Астымы дæргъвады — агуыри хæдзæрттæ, Дыргъбæлæсты аууон зестсæртæ — æрвцъæх. Хъæрæгъæцы рагъыл — ривæддон уæлмæрдтæ, Раст цыма — хъæуæвæрд, афтæмæй — дæлдзæх. Дымгæтæ кæрæдзи атагъаты сурынц, Сау цæргæсты знлдух — æврæгъты æмвæз... Се ’гуыппæг ныхъхъусы саст къæйтæ цы дзурынц, Бамбарынмæ хъавын уыцы сусæг æз! 13.У.92 ÆХСÆВЫ ХИНТÆ Кауы къæрццытæм, нæ куыдзы рæйдмæ Фехъал дæн, кæртмæ æрхызтæн... Дзаг мæй фæсхохмæ ныххауди уæдмæ, Дунейæн ивгæ йæ хуызтæ. Мигъ-пъæра — хъулон: кæм — бур, кæм — фæлурс, Арвыл куыд уæлдæр — бынтон сау. 6
Йе скъуыдтæй стъалытæ калынц сæ рухс, Се ’рзынд — зæринхъуын лыст-фосау... Не змæлы бæлæсты уайсæст сыфтæр, Дымгæ дæр баст у, къæппæгахст. Нал цæгъдынц не скъæты хъомтæ сынæр, Никæцæй —■ хъазтæн сæ хъæрахст... Иу сым нæй никæмуал, иу хыртт зæххыл,— Буар дзы цæмæйдæр куы барызт: Фезгъоры уынгты хæлын лæг бæхыл, Кулдуарæй урсхудджын ахызт... Хъебре хæмпæлзачъе — гомрагъ, æгæрцц — Ставд бæндæн здухы гæрз-тæгтæй... Сцæйлæсы сисы цæгатæй сæргæхц, Худгæ йæ зыхъыр дæндæгтæй... Сидын нæ куыдзмæ — нæ хъусы — къуырма! Хъæлæс мын бамыр, ныффæсус. Чидæр æрбадти мæ фарсмæ цыма, Иннæ та слæууыд мæ уæлхъус... Кæцытæ — ахæм дзæгъæлдзу цæрæг Зинæй, æвдиуæй, хъæдохæй? Йе та кæд ацы уысм мæрдтæн — бæрæг,— Уый тыххæй схизынц сæ хъоргъæй?! Агурынц: чи сын — уæлæбæсты знаг, Сафæг, æвзидæг фæрæтджын... Æви мæхæдæг фæвæййын, мыййаг, Æхсæвы хинтæй хæйрæджджын?!. 1.У.92 ДЫУУÆЙÆ Дыууæ къахыл лæугæйæ, Цы уаргъæн нæй, цы, снсæн! Кæнæ балцы уæвгæйæ, Ис Хъуды цъупмæ схизæн! Дыууæ къухы æмдзæхсгæн Цы фæлæудзæн æрцæфмæ? Дыууæ уынаг зынг цæстæ.ч -- Сæ афæлгæст дæрддзæфмæ! Хæйрæджыты кæлæн хъпг... Дæлдзæх авдæн куы узынц — Се ’змæлд æмæ сæ цъæхахст Дыууæ хъусы фæхъусынц... Цъæт-базыртæ дыууæйæ Уæлæуæзты, бындæрты Нæ фæллайынц, тæхгæйæ, Зæххæн, фурдтæн сæ сæрты!.. Царды уалдзæг цы фæци? Нæ хуыз — кæй уынд, кæй конды? Мах не ссардтам кæрæдзи Амондагур сæубонты!.. Иунæджы дзырд: «Тæхуды»... Æвдæрзт — цины, хъыджы дæр. Дыууæ æмзонд æмуды — Тыхджындæрты тыхджындæр! З.У.92 7
ХЪÆДКАЛÆН О, дудгæ мысинаг, тыхсæттæн, ныфсхалæн, Кæй бон у дæ) агайд, дæ ныдзæвд быхсын! Хъæдкалæн, хъæдкалæн, Сыбыраг хъæдкалæн, Дæ ракой — мæ тухи, мæ удхар, мæ зын! Мæ цæсты раз сыстынц бындзарлыг нæзытæ Æмвæрстæ æвæрдæй хъæпæнмит кæмтты. Тæгæр тала, тулдз уа, сывылдзтæ, кæрзытæ — Кæрæдзиуыл ссыдæй Тайгайы къуымты. Рæстæгæй-рæстæгмæ уым топпы гæрæхтæн Сæ уынæр-иу хъуысти фынафон æддæ. Хъæдцæгъдæн нæ фæлæ æвирхъау лæгцæгъдæн,. Сардзинамад сугтау — мин-мингай мæрдтæ. Сæ зæнæг сæм ниудтой, æнхъæлмæ кæсгæйæ, Рæзынхъуагæй фесты сæ къæсты зынгхуыст. Цæйбæрц адæм туглыгъд — Сыбырæй тæрсгæйæ,- Рæстæй сыл куы ’рцæуа мæнг аххос æвдыст. Æлгъыст зæххы риуыл тымыгъты, къæвдаты Æнæныгæд стджытæ лæууынц ма нырдæр. Гулагон^ бæстæйы кæд иу мард — дæс марды, Тæрхонгондæй иу аз — сæдæйæ фылдæр! Кæйдæрты цæсгæмттыл цард цинимæ хъазы, Кæмæн та йæ хуылфы йæ зæрдæ ныфтыд... Нæ Ирæй Цæгатмæ мæ рыгъд уд дзыназы, Кæм бабын, кæм баззад мæ дарæг, мæ фыд! 27. У1.92 Цыдысты къæвдатæ Уырдыгмæ, дæлæмæ... Уæ хæлд къæсы бадтæ, Уым кастæ æнхъæлмæ... Нæ зыдтай: Сыбырæй Уый, хæстмæ фæластой.. Сæрсæфæн быдырæй Йæ хабар æрхастой.,. Хъызыди фыд-заман Рæстæгтыл тæрхоны. «Кæм джиуыс, цы дард ран, Цы уазал зындоны?» Дæ марды бон уымæн Нæ уагътой цырт садзын, Фыдохы хъынцъымæн Цæстысыг æруадзыы... Нæ хъуысти дæ катай Хъæбулмæ æниудæр. «О,* судзгæ фæбадай» - Æлгъыстай дæхи дæр. Уæлдунейы нал дæ, Арв змуры дæ хъыгмæ... Цæуынц дыл къæвдатæ Нырдæр ма уырдыгмæ. 19.УН.92 8
ÆМБÆХСТЫТÆ Кæфхъуындар — къæппæфсæр, Уый малы нымбæхст. Зыны нæм æрмæстдæр Йæ хинæйдзаг цæст, Æвирхъаудæр — иннæ: Дæлдондзæуæг нау. Йæ торпедæ, минæ — Лдзалы хуынау... Цы «хъылма», цы «хъæстæ» — Дзырднывæст быды? — Дæлгоммæ ныхæстæ> Дæлныгæд хъуыды!.. Æхгæд къопп — дæслагъзон, Æвæрд дзы цы ис? — Йæ гом1 кæнын базон, Йæ хæзна йын сис! 20.УИ.92 ДУНЕ ХЪАХЪÆНДЖЫТÆ Уыд бæстыл фыццагдæр Дзырд — Стыр Хуыцау йæхæдæг! Стæй Рæсугъддзинад фæзынд Æмæ сси хæрзгæнæг. Уымæн бацардæмбал Уарзт, Ноджы — Фарн, Æгъдау дæр. Сабыр-Фидыд семæ — баст, Цин, Æууæнк, Рæдау дæр. Афтæ бафтыд сыл Æфсарм Кадджынæй, нымдуагæй. Фæлæ сæ Фыдæх, Хæрам Джизгæ схойынц рагæй! Къахынц загъд-замана, змæст, Сафынæй æвзидынц... Дуне хъахъæнынц æрмæст Уарзт, Æууæнк, Уындвидыц! 20.УИ.92* Мæ хъизæмар — æгъуыссæджы хъуырдухæн: Уый сабухта мæ мидцæрæг æвдиу — Æхгæд хъуырауæй раирвæзт æддæмæ. Цымæ цы расайдзæн фæстагмæ — Æхсызгон хорз æви фыдгæнд? Хæцынмæ агуры ныхлæууæг... Уæззау бæлдох хъæстарæджы æрцæвы — Цæттæ — къæпи, йе гутоны дзыргъа. Кæнæ дыкомон цирхъ, Дзæгот-фæрæт гуыбынджын,— Уыдзæн бæллæх — куы бахауой сæркъуырмæ! Æндоны схъисы схондурыл æрцъыкк — Æртдзых фæндаггонæн хъызт боны. О, уымæй сæфты цырен суадзид Нырыккон Герострат! Кæрæдзимæ лæбурæг сау мигъы тъыфылтæн Дзæбидыртау сыкъагуыппæй сæ хæст — Уæд фемæхсы, цæхæркалгæ, тæрккъæвда,— Нæ зæххæн — удхос, халсартæн — æвдадз. Хуыцау нæ бахизæд, табу йын, Тыгъдызæйы æркалдæй, доны стыр хъаймæгæй!.. Дыууæ æхсидгæ монцæн Æддæг-мидæг сæ ауайгæ ныссуй,— 9
Уый — царды дайæн, ног гуырдзы æвзæрæн, Фæлæ цы басгуыхдзæн, нæй рагацау уый зонæг!.. Æмæ кæнын æгæлæнтæ мæ уаты. Фыццаг фынафон байтыгътон мæ рудзынг — Гуылфæй æрбакалд урс тымыгъ мæныл: Уый — стъалыты æхсæрдзæны æрсæххæтт! Дзæнæты хъулон цъиутау уайтæккæ дзыгуыртæй Фæстæмæ гом тыгъдмæ — пæррæст! Æмæ сæхи цынæ фæлгонцы тухынц: Цыма цæкуыйы схънугæ пуцитæ тæвд къæйыл; Цыма кæсагахсæн хызы Кæфтæ, хъæдæгъатæ тæлфгæйæ; Цыма сæудæджеры æвзист æхцатæ Персайнаг гауызыл — кæри; Цыма налмас — хæрдог дзырдтæ пырхытæй, Зын арæн чи вæййы поэтæн! Фæлæ уый циу? — Мылазæндæрг къæдзæхты аууонæй хæрдмæ Æрдæгкъæлæттæ стындзыдтой фæдфæдыл,— Вæййы ма афтæ цаддоны уæлцъарыл Фæйнæрдæм лидзæг зиллæччыты дугъ. Сындæггай ссыд мæйдзæсгом, Бынтондæр донычызгау — гомбуар, Цыллæдзыкку бæстырæсугъд æхсин. Кæддæр ма афтæ схызти мифты Æнæбын фурдæй Афродитæ, Зæрдæдзæгъæлгæнæн цыбæйлæгтæ æвдисгæ. Бæстыфидауц уæлвонгмæ сфардæг, Нæ зæхх æмæ нæ денджызты хъæбул. Нæ арвæн райста уый йæ сурæт: Тæмæнтæ скалдтой уым Йæ сæрвасæн, йæ хъуссæг, Йæ цæнгдарæн, йæ камари æгънæджыты дзыгуыр.— Æрдзон æмæ æрдон тых сагайæг сылыстæг, Йæхирдæм чи скъæфы нæлгоймæгтæн сæ удтæ. Æцæгæйдæр — æрыгонæй Сатана, Цъæхснаг къæйдуры бандæвта кæй азар, Уыраугæ чи сыгъд доныбыл æвгъæды, Уый цалынмæ нæ ныссастой дзæбугæй, Æмæ нæ рахызт уырдыгæй тырын Нартон Сослан болатгуыр!.. Цы диссаджы æхсæв, цы сусæгдзинæдты ныгъуылæн, Цæйбæрц хæзна мыггæгтæ байтаудзæн, ныккалдзæн, Цæйбæрц æвзартæ схæцдзæн, Кæфхъуындары дæндаг дзы ма фæуæд æрмæст!.. Мæ зин, мæ дæлимон æгæнон Ныллæст йæ хъуырауы фæстæмæ... Дыккаг кæркуасæнтæ, Хуыссæг нæ ахсы мæ уæддæр. 18.У1.92 ©=Г 10
ДАУЫРАТЫ ДАМИР ГОРÆТАГ КÆРТ Уацау Куыддæр райсомæй мæ хуыссæнæй сыстып — стгæ та раджы скæныи, мæ хъæуккаг ахуыр нæ халын, алыхатт дæр уыциу афои райхъал вæййын æмæ мæм уæд хуыссæг хæстæг нал фæ- цæуы, рафт-бафт сисын,— афтæ мын рудзынджы цурмæ æнæба- дæугæ нæй, кæртмæ — æнæ акæсгæ. Ныр ацы фоидзуæладзыгон хæдзары фынддæс азы бæрц цæрын, æмæ дзы иу сæумæрайсом нæ хъуыды кæнын, æмæ кæрты змæлæг фенон. Æрæгмæ сыс- тынц мæ горæтаг сыхæгтæ. Уыдоны бæсты «уæ райсом хорз» фæзæгъын бæлæстæн, къутæртæн æмæ дидинджытæн. Æппæтæй фылдæр дзы сусхъæд бæласы уарзын, æппæтæй рæсугъддæр бæлас у ам. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, фыццаг бон ацы хæдзармæ куы ’рбалыгъдыстæм мæ бинонтимæ, уæд æм куыд фæкомкоммæ дæн, уый. Уыд æнæзылд, зылын сагъд, æнæх- сæст. Дыккаг бон сабат уыди, коммунистон зиуы бон — мæ иу хæлар æй бырæттæ ласæн бон хуыдта — нæ хæдзары лæгтæй чи кæрт марзта, чн та хус бæлæстæм фæци, чи та... Мæн дæр, ома, ног сыхаджы, мæхи равдисып хъуыд, ацыдтæн æмæ, хъæу- æй цы цыргъ бел схастон, уымæй бæласæн йæ алыварс скъах- тон, сраст æй кодтон, цалдæр ведырайы йыл дон аскъæрдтон. Уæдмæ нæ сыхы хистæр Уырызмæг уынджы зонгæ «Жигули» фæурæдта æмæ кæцæйдæр чъыр дыууæ зæронд бедрайы дзаг æрласта. Уыцы чъырæй сусхъæд бæласы сцагътон æз дæр. Кæд æмæ кæд уыдис уый, раздæр ма пæ куы загътон: фынддæс азы размæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ уыцы æмрастæй ныццавта арвмæ йæхи. Ме ’мкъул цæры, искæмæй раппæлынмæ, кæнæ рафауынмæ æп- пынæдзухдæр цæттæ чи у, уыцы дзырдарæхст Геор æй пæ «кæр- ты чындзыты рæсугъддæр» хопы. Нæ лæгтæп уыцы бæласы бын сатæджы абадынæй хуыздæр мацы ратт. Нæ кæрт ма нын фидауын кæпы, гæдыбæлас. Фæлæ йæ æрæ- джы мæ иу сыхаг ипнæ сыхагæн ауæй кодта. Садзгæ йæ фыццаг уæладзыджы цæрæг идæдз Кузьма ныккодта (рухсаг уæд, ныр æгас нал у). Æдзух ын зылдхъуаг уыди, æцæг-иу алы райсом 11
дæр йе ’хсæнтæ дон уый бынмæ калдта рудзынгæй. Цыфæнды фæуæд, фæлæ бæлас хæрдмæ цæуыныл фæци æмæ иубон йæ хицау æд фæрæт йæ цурмæ рацыд, калгæ, дам, æй кæнын, ау- уон мын дары мæ уат. Иæ сæрмæ дыккаг уæладзыджы зæронд ус Фатка цæры, уый йæм бынмæ æрцыд, ныллæгъстæ йын кодта, о тæхуды, ма йæ акал, зæгъгæ, фæлæ Кузьма не сразы. Уырыз- мæджы йыл сардауид æмæ йæм тæргай у Кузьма. Уæд Фатка- йæн милиционер афтæ: «Мæ бон ын ницы у, хæсты чи фæци, уымæ тыхныхас скæнæн нæй. Нозтуарзаг у æмæ бавдæл æмæ йын иу авг балхæн... Æз дын афтæ загътон, уый-иу макæмæн схъæр кæн»... Кузьмаимæ ма уыцы авгæй нуазгæ дæр бакодта, ныр дæр ма йæ арæх æрæмысынц нæ сыхы устытæ, нуазгæ-нуа- зыи, дам, къуымæлуарзаг Фатка æрыхснырста, нозт йæ хъуыры фæбадт, Кузьма фæцырд æмæ йын йæ мæллæг фæсонтæ тым- былкъухæй æрхоста. Фæцæймарди Фатка, йæ уатмæ ма ссыд æмæ-иу куы ныккуыдта бæласырдæм: «Ды ма мæм æрбакæсыс хионау рудзынгæй». Иунæгæй цæры Фатка. Йæ фырт æмæ йæ чындз стырдæр горæтмæ алыгъдысты. Иннæ бæлас нын давд бæлас у — заз бæлас.Партийы рай- комы дыууæуæладзыгон хæдзар нæ цуры ис, иæ хæдбакомком- мæ, сæдæ мстры бæрц йеддæмæ нæй не ’хсæн, чи зоны, чысыл фылдæр. Цалдæр азы размæ йæм иог фыццаг секретарь куы ’рбацыд, уæд дам рудзынгæй ракаст æмæ тынг ныддис кодта: «Ау, æмæ уæм трибупæ та цæуыннæ ис, бæрæгбоны демонстра- цитæ кæм саразут, уæ къухтæ адæммæ кæцæй батилут...» Уæд- мæ майы бæрæгбон æрбацæйцыд, ранкомы фыццаг секретарь цы хъæидзинад бафиппайдта, уый иуварс кæнынмæ чидæртæ фæлæбурдтой, ахæмтæ дзы уæд бирæ уыд, хицæуттæн сæрма- гопд лæггадгæнджытæ, трибунæйы быпаты замманаи заз бæдæ- стæ уыди, уайтагъд сæ алырдæмты аскъæфтой, иуы дзы рай- комы кæртмæ бахастой æд сыджыт. Кæд дзæгъæл æппæрст у, зæгъгæ, йæ нæ сыхы лæппутæ дыккаг изæр æрбахастой æмæ йæ нæ кæрты бæстастæу ныссагътой, мæ рудзынджы тæккæ акомкоммæ. Дыккаг бон куыд рабæрæг, афтæмæй, дам, æй рай- комы иннæ секретарь Дзылат йæхицæн æрæвæрын кодта, уым горæты кæрои йæ дачæйы садзынмæ. Фæлæ йæм пæ сыхы лæп- путæ фæразæй сты. Секретарь æй куы базыдта, уæд, дам, хуы- мæтæджы цæхæртæ калдта, ам æй хæстæг хæдзæрттæй дарддæр никуыдæм ахастаиккой, зæгъгæ, кæйдæр агурæг рарвыста. УыГг йæ мах кæрты сагъдæй ссардга. Секретарæп йæ маст бирæ хæс- саг уыд, цалдæр хатты нæ сыхæгтæй кæуыл æмбæлд, уыдоиы- иу мндбылхудтимæ афарста: «Уæ заз бæлас уын Кремлы Ног аэы бæрæгбонæн пæма ласынц?» Уайдзæф уыд йæ алы бафар- сты дæр. Уæдмæ, бæласы райкомы кæртæй дзæгъæл æппæрст у, 12
зæгъгæ, чи рахаста, уыцы лæппу бахъомыл, машинæтæаразæн заводы куыста, æмæ йæ партийы рæнхъытæм кандидатæй куы истой, уæд æй уыцы райкомы секретарь фарстаты бын фæкодта, иуæй иннæ зындæр. Иæ маст дзы иста, æви иннæ бонтæй хъау- джыдæр æгæр домаг уыди, уый не сбæрæг, фæлæ-иу уæдæй фæстæмæ мæ сыхæгтæ катай систой: «Рæвдздæр æй ардыгæй искуыдæм куы арвитиккой, мæлæты бирæ йæ дарынц, йæ бын æгæр дæр ма схъарм уыцы иу ран...» Никуыдæм æй ивтой, нæ инпæ сыхаг лæппу Æхсары дæр та партийы рæнхъытæм исгæйæ, барæй зын фарстаты бын куы фæ- кодта, уæд кæрты цы заз бæлас ис, уый уын давд бæлас у, зæгъгæ, йын фидисгæнæгау куы загъта, уымæн йæ дыккаг бон райкоммæ балæбурдта йæ мад Дзирæт, Мæнæ йæ куыд æрæ- мысы ныр къуылых Дзирæт йæхæдæг: — Мæ фыдыстæн, уæд фыццаг хатт бахызтæн райкомы къæ- сæрæй. Иу тынг рæсугъд сылгоймаг дзы бадти. Дхæмты аргæ та кæм скæнынц? Æмæ дын мæ мидæмæ уадзы?! Абон, дам, нæ фыццаг секретарæн æндæр куыстытæ и. Уый дын фехъусон цы. Уæдæ, зæгъын, мæнæ мæ разæй чи скуыси, уыдон цы сты, æви мын ницы æмбарын æнхъæл дæ, куыддæриддæр ма исчи мæ ра- зæй бацæуа, афтæ йын мæнæ ацы лæдзæгæй иу хафт авæрдзы- нæн. Бауагъта мæ... Фыццаг хатт федтон уæд хæстæгмæ нæ хицауы. Цыдæр былсæрфт, цъæх-цъæхид цæстытæ йын, хин æмæ йын дзы кæлæнты уылæнтæ æддæг-мидæг ауадысты. Æппыидæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд, ацы мæгуыр, æвадат рæстæг ын æгæр нарст цæсгом уыди, уæлдайдæр та йыи кæнгæ мидбылхудт кæй уыд, уый тыххæй æмæ йæм æз дæр мæхи къæйныхæй равдыстон, мæ цыды сæр нæ лæппутæ уыдысты, уый дæр мæ æрбайрох. Зæгъын, ам æфсæстæй цы бадыс, адæм æддейы æххормаг куы сты, уæд. Æви дæ къæлæтджын бандон хъахъæныс? Талонтæ бæргæ байуæрстат, фæлæ сæкæры зыбыты иунæг килæ кæм бал- хæнæм, уый куыпæ нс... Сабыртæ кæнын мæ байдыдта, æмгъуыдтæ кодта, зæрдæтæ мыи æвæрдта. Уалынмæ дын иннæ секретары хуыцау куы ’рбауа- дзид, уыцы æнæфæрсгæйæ æрбахызт, нæ заз бæлас нын тыххæй йæхи чи кодта, уый. Мæхинымæр: «Æз дæу куы агуырдтоп хæс- тæгмæ» Сбустæ мыл кодта, сæкæры килæйы тыххæй, дам, рай- комы фыццаг секретарьмæ цæмæн æрбацыдтæ, уымæн æндæр ницы куыст ис, дæ дзых æгæр цæмæн суагътай. Æмæ, зæгъын, дæдæ Горбачевы бафæрс, уый мын радта бар... Æз дæр ын хорз фæдæн. Балæвæрдтон æм дзы. Дзуапп рат- тыны тыххæй мæнæй дæр ницы аирвæздзæн. Ды, зæгъын, дæ бæласы тыххæй нæ кæртмæ сгарджытæ куы барвыстай, уæдæй иырмæ дæ нæ лæппутæ æмризæджы куы ризынц, уæд æй махæн 18
зонын æнхъæл нæ уыдтæ, уыцы бæласы ды дæр базарæй кæй не ’рбахастай, уый. Уал æмæ уал азы дæргъы уæ коммунивттæ се ’хцатæй дарынц, уыцы бæлас дæр уыцы æхцатæй æлхæд уыди, ныр та уадз æмæ нæ кæрты рæза, алы квартирæйы дæр дзы дыгай-æртыгай коммунисттæ ис... Ныффæлурс ис райкомы дыккаг секретарь, йæ къух мыл ауыгъта æмæ пыхс йæ сæрыл рахаста, бамбæрста йæ, æвæц- цæгæн, дзыхæй мæ нæ амбулдзæни, уый. Афтæмæй та-иу афтæ дзырдтой: райкомтæм, дам, дзыхæй дæсны чи у, ахæмты исынц. Фыццаг секретарь мæм йæхи лæгъзæй ауагъта, йæ цъæх цæс- тыты та хин æмæ кæлæны уылæнтæ скафыдысты, æз, дам, дын, хорз ус, уæ лæппуты се ’ппæты дæр партины рæнхъытæм райс- дзынæн, иыр та дуканимæ ныдздзурдзынæн, ратдзысты дын сæ- кæр, уагæры дæ цас хъæуы. Уымæ дæр та фæкъæпп кодтон, зæгъын, æз æрмæст мæхи мæт нæ кæнын, æддæмæ дæр-ну хат- гай акæсут, уым ма мæ хуызæттæ бирæ ис, ныр та цæуын æмæ дæлæ цы æнæхъуаджы трибунæ сарæзтат, уæ къухтæ дзæгъæл тылд кæцæй фæкæнут, уыцы трибунæмæ схиздзынæн æмæ уын уæ талонтæ уырдыгæй фехсдзынæн, цы пайда сты уæддæр... — Уæллæгъи, хорз сын фæдæ, Дзирæт,— æппæлынтæ дзы сисынц иуæй-иутæ. — Нæ, нæ, фаг сын нæ фæдæн, мæ зæгъинæгтæ фæстейы сты нырма,— фндарæй дзырдта Дзирæт.— Хуыцау сын æй ма ных- хатыр кæнæд, æгуыстæй аззайæнт. Мæнæн мæ куывд цæуаг у... Иннæ бæлæстæй дæр алкæмæн йæхи хъысмæт ис. Уæртæ са~ райы æрдæг йæ быны чи бакодта, уыцы тулдз бæласы нæ сыхы лæгтæ Заманхъулы хъæдæй æрбахастой, уырдæм, инпæ горæ- таг иæлгоймæгтæ куыд фæкæнынц, афтæ физонджытæ кæнын- мæ афтыдысты фæззæджы хъарм бонтæй иуы, хъæдгæс сыл бам- бæлд, горæтаг нозтæй куы фæхъæстæ, уæд, дам, хуымæтæджы рæдау сси, йæхи къухтæй йæ скъахта, йæ сыджыт та йын мæн- тæджы фæтæн сыфы батыхта, хуыздæр, дам, уын фæхæцдзæни, уæд. Ныр йæ сатæг аууоны чи абады, уыдон йæ раттæгæн дæр æмæ йæ ныссадзæгæн дæр арфæтæ фæкæнынц. Мæнæн мæхимæ хорз фæкæсы йæ сыфтæрты сыр-сыр Джеоргуыбайы мæйы мæй- рухс изæрты, тагъд асфальтыл сæ тъæпп фæцæудзæнис, уый фембарынц, уæддæр ма уыцы хъæлдзæг сусу-бусу сисынц, стæй хъарм шифертæм æрхауынц, уырдыгæй та зæхмæ — сыххуытт, сыххуытт... Нæ сылгоймæгтæй иу дæр раджы стын ахуыр нæу, афтæмæй та се ’ппæт дæр хъæуæй ралидзгæ сты, тыхсгæ йын кæнынц йæ сыфтæрæй, кæрт смæрзинаг вæййы. Хуыцау хорЗ æмæ нæм иу къуырма æнæдаст лæг къуыри иу хатт æрцæуы йæ Даргъ уисоимæ. Æрфæлмæн вæййынц уæд нæ сылгоймæгты эæрдæтæ, нæхæдæг дæр, дам-иу æй ныммæрзиккам, фæлæ йын н
паддзахад æхца фиды уый тыххæй, мах æхца. Лæгæн чи къуы- мæл радавы, чи сæкæрæн конд нозт. Йуныхасæй, бузныг дзы сты. Æцæг æм ивгъуыд фæззæджы фæстаг бонтæй иуы Саснн- къа та, чысыл ма бахъæуа, хæрам ма фæуа, фæстæдæр куыд. рабæрæг, афтæмæй хæрз дзæгъæлы. Цæй тыххæй, куы зæгъат,„ уæд хуыцаубонтæй иуы Сасинкъа базарæй æвзаргæ балты ве- дыра æрбахаста, дæс литры кæм цæуы, ахæм авджы сæ нык- калдта, горæххæсткомы талонтæй æлхæнгæ-æлхæнгæ кæй фем- бырд кодта, уыцы сæкæрæй байзæрдыныл сыл нæ бацауæрста, стæй сæ кæрты къулы рæбын хурмæ æрæвæрдта. Райсомæй-иу сæ рахаста, йæ куыстмæ-иу ацыд, изæр та-иу сæ фæстæмæ сæ къæбицы бамидæг кодта. Иу сихорафон авг йæ бынаты нал ра- зынд. Цы фæуыдаид? Иуы дуар бахойы Сасинкъа, иннæйы, ни- чи ницы федта уыцы бон, æнæуи бон та æддейæ мидæмæ нæ цæуынц. Уæд кæртыл йæ цæст ахаста Сасинкъа: абон та ног марзт у. Уайтагъд хæдзæртты управленийы балæууыд, къуыр- ма мæрзæджы ссардта, уый мæ сæрæн ницы зонын, зæгъгæ со- мытæ кодта, куы нæ йыл æууæндыд Сасинкъа, уæд хицаумæг хъæстмæ бацыд, хицау йæ кусæджы сæрыл рахæцыд, ныр та иæ сыхаг фæтæргай, рæстдзинад ссарæн нал ис, загъта, «сове- тон хицауад домбай хицауад бæргæ у, фæлæ мæнæ дæ хуызæт- тæн адæмимæ кусыны бар цæмæн дæтты, дæлæ фæстæмæ хъæу- мæ ацу æмæ дыууæ каркæн гæс ныллæуу, кæд ма дæ хаццонæй^ кусæг зæронд сыхæгтæ райсыныл сразы уой, уæд». Рацæй-рабон æмæ давæг æндæр чидæр разынд: «Сасникъа- йæн йæ хистæр хойы лæппу. Расыггæнаг у, зæгъгæ-иу дзы арæх. хъаст кодта, йæ нозтытæ-иу дзы æмбæхста, уæлæнгæйтты уа- дзæн сын нæ уыд. Хæрæфырт домбай у, зæгъгæ-иу уый альг къуым дæр басгæрста. Мæ сыхаг устытæм хабар куы байхъуыст, уæд Сасинкъайы баййардтой: хæдзæртты хицаумæ ссу, хатыр- дзы ракур æмæ нын къуырма мæрзæджы фæстæмæ радта. Бæр- гæ нæ куымдта, фæлæ уæддæр ссыд хицаумæ, хицау къуырма мæрзæгмæ бадзырдта, суанг ма йын лæгъстæ дæр фæкодта,. фæлæ уый не ’сразы, мæхимæ, дам, мын æрбацæуæд, хатыр мæ- ракурæд. Сасинкъа та уый йæ сæрмæ нæ хаста. Æмæ лæууы мæйгæйтты æиæ марзтæй нæ кæрт, куы йæ чи амæрзы, куы чи^ искæмæ дзы куывд, чызгæрвыст, авдæнбæттæн кæнæ кæхц куы вæййы, уæд æхсæвыцъæхтыл фæлæбурыпц уисæйттæм, уазджы- тæ сæ фауæи ныхас куы ахæссой, уымæй стæрсынц. Æппæтæй’ тынгæдæр та кæртмæ зылд æрцæуы коммунистон зиуы бон. Афæдз иу хатт. Заманхъуйлаг бæлас уыдæттæ куы ’мбарид, уæд,, чи зоны, йæ сыфты нымæц фæкъаддæр кæнид, ныр та йыл азæй- азмæ фылдæр зайы. Къаддæр сыфтæр нæ вæййы сусхъæд бæласыл дæр, фæлæ^ мæ сыхæгтæ уымæй нæ тыхсынц. Хурхæтæны мæйы фыццагбон- 15
тæ куыддæр райдайынц, афтæ йын йæ дйдинджытыл фæхæлоф кæнынц, кæртмæ стъолтæ рахæссыпц, уыдоны сæр бандæттæ æрæвæрынц, сæхи къалиутæм сивазынц. Зымæгмæ сæ цайæн хъæуы. Ацы аз сæрды райдиан мæ сыхæгтæм ленинградаг уаз- джытæ уыд. Æмæ фехъуыстой, нырæй фæстæмæ цайгæрдæг æр- мæст талонтыл уæй кæндзысты, зæгъгæ, æмæ уæд скатай сты, ^сусхъæд бæласы дидинджытæм фæлæбурдтой, фысымтæ дæр сын аххуыс кодтой, ноджы ма æз быдираг суадæтты цурæй мæ ма- шинæйы гуыффæйы дзаг битъынатæ куы сластон, сыхæгтыл сæ ^куы байуæрстон уыдонмæ дæр дзы куы æрхаудта, уæд хуьь мæтæджы цин бакодтой, сæ къух ауыгътой сæ талонтыл, афæ- дзы фаг, дам, нæм ис иыр цайгæрдæг. Ис ма æндæр бæлæстæ дæр нæ чысыл кæрты, фæлæ уыдо- ны тыххæй цымыдисагæй цы радзурон, ахæмæй ницы ис, рæ- зынц æнцад сæхицæн, ыикæй хъыгдарынц, уыцы сæрыстырхуы- зæй уæлейæ бынмæ кæсынц дæлæмæдзыд пыхскъутæртæм, цыма сыл не ’рвæссынц, уыйау, афтæмæй та уыдон дæр æвидауцы хос не сты, уалдзæг урс-урсид дидинæг куы акалынц, уæд сæм цæст кæсынæй не ’фсæды. Æвидауц нын цы кæны нæ кæрт, уайдзæфы аккаг цæй тых- хæй стæм, уый дæр уын зæгъдзынæн: нæй дзы иунæг дыргъ бæ- .лас дæр, стæй цъæх кæрдæг. Уæвгæ уыдысты, уыдысты. Æз сæ нал æрбаййæфтон ам. Дыргъбæлæсты, дыууæ балы æмæ иу курага бæласы, дам, кæрæдзийы фыддæрагæн акалдтам, дыргъ афон-иу сыл сывæллæттæ нæ фидыдтой, хылы хос уыдысты æр- мæст, горæххæсткомы дæр нæ бафарстой, афтæмæй сын цыргъ фæрæт, иу сæрдыгон райсом, сæ тæккæ задæй куы уыдысты, уæд сæ хъысмæт алыг кодта. Уæдæй абонмæ дыргъ бæласы тыххæй ской дæр нал уадзынц, æниу дыргъ хъуаг не ййафыиц, ;алы фæззæг дæр сараты æмæ гаражты цур фæйнæджы сæрма- гонд асыччытæ цъуппæй куы фенай, уæд æй зон: фæткъуытæ та зымæгмæ æрбаластой. Чи хъæуæй, чи та горæты фарсмæ га- гадыргъты совхозы рафыссынц аслам аргъæй, кæнæ та сæм бадзырдмæ гæсгæ æрхауы аслам фæткъуы — дæс чыргъæды æртои совхозæн, иуæндæсæм дæхи. Иуæй-иутæ суанг сæрды фыц- цаг бонты онг сæ æвзаргæ фæткъуытæ бахъахъæнынц, кæйдæр- тау сæ базармæ цæуын нæ бахъæуы саби куы сагъуыйа, уæд, зынаргъæй æлхæнынмæ. Кæрдæг ма дзы æрбаййæфтон æз, ардæм цы аз æрбалыгъ- дыстæм, уæд. Мæ цæстытыл ма уайы, сывæллæттæ-иу дзы куыд ратул-батул кодтой, уый, хъæбысæй дзы хæцыдысты, фæз- ,зæг-ну куыддæр фæбургомау, афтæ-иу æй нæ кæрты хистæр Уырызмæг цæвæгæй ныккарста, бассывта, æмæ-иу æй куы чи, .куы чи хъæумæ йæ машинæйы гуыффæйы йæ фыды хæдзармæ 1&
мерсгæнаг фыстæн аласта. Ныр нæм иу-цалдæр азы уыцы кæр- дæг нал зайы. Цæй аххосæй, зæгъгæ, кæрæдзийы куы афæрсæм, уæд дзуапп зыбыты иунæг вæййы: нæ абоны царды аххос. Стыр Мæскуыйы Ельцин фидарæй куы загъта, хойраг æмæ урсæгтæ зынгæ фæзынаргъдæр уыдзысты, зæгъгæ, дзидзайы иу килæ 25 сомы куы сси, хуыны карк та 50—60 сомы, уæд мæ сыхæгтæй чидæртæ, чи раздæр, чи фæстæдæр, карчы цъиутæ алхæдтой, сæ гаражты æмæ сын сæ сараты сæрмагонд дарæнтæ ацъапп ластой. Æмæ уым æвзæрæй ницы ис, раппæлинаг хъуыддаг у, табуафси, дар, фæлæ сæ æддæмæ кæдæм уадзыс, уыдон кæрты æфснайд кæй нæ уадзынц, уый чи нæ зоны, мæтыхæй уæлдай не сты инкубаторы уагъд цъиутæ. Иутæ сыл гуыдыр бæргæ с#хгæдтой, уырдæм сын хор калынц, мæнтæг æмæ футæджы сьгфтæ, фæлæ та Дзирæт йæ къæйныхдзинад ам дæр равдыста: æддæмæ рауадзы йæ урсурсид уасджытæ æмæ уыдон сæ цæр- дæг цыргъ бырынчъытæй кæрдæгыл ралæууынц. Уалдзæджы куы нал ссыд, бæлæсты бын сывæллæтты хъазæн фæз цъæх нæ, фæлæ сау-сауидæй куы дардта, уæд чидæртæ бахъуыр-хъуыр кодтой, Дзирæтæн йе ’дзæсгом уасджыты ралгъыстой, фæлæ йын йæхицæн бауайдзæф нæ бауæндыдысты. Уæвгæ сæ Дзирæт æмбары, фæлæ йæхи ныхъхъус кодта. Æнæ кæрдæгæй бафæра- зæн ис, æиæ дзидзайæ цард бынтондæр куы сзынаргъ, уæд куыд и фæцæрæн, ирон хæдзармæ уазæг цæуаг у, кæнæ нæ фыдæлты бæрæгбон æнæ туг рауадзгæ куыд арвитдзынæ. Уымæ гæсгæ истæмæнты фæразын хъæуы, кæрæдзийæн барын хъæуы. Æм- барынц æй мæ сыхæгтæ дæр æмæ быхсынц, уæдæ сын æндæр цы хос ис, æрмæст хатгай уæддæр ныддис кæнынц, катайы хуы- зæн: «Уагæры ма иæм фылдæр маргъ, кæнæ фос куы уаид, уæд нын иæ бæлæстæ нæ бахсыниккой...» Уыдысты-иу дзы, ныр дæр вæййынц уыдоп дæр: галтæ, фыстæ, сæгътæ, хъазтæ, гогызтæ, бабызтæ, кæрчытæ... Иудзырдæй алцыдæр уыд мæ горæтаг чы- сыл кæрты. Галтæ дæр ма нæм уыд. Дарынмæ нæ, фатеры йæ куыд ба- кæндзынæ, æргæвдынмæ-иу хъуыдысты. Иуы дзы дæлæ Стъара- иолæй сластой кусæрттагæн чызгæрвыстмæ, мæнæ тынг стыр чи кæны, уыдон мыггагæй уыд, æргæвдджытæн тыххæй бакуымдта бырсыи, фæлæ йын йæ къæхтæ бæттын куы байдыдтой, уæд ныб- богъ кодта, пал æй баурæдтой æмæ сын уынгмæ ралыгъд, уын- джы йæ фæндаджы астæу машинæ сцавта, фæлæ æрмæст фæ- цудыдта æмæ партийы райкомы кæрты смидæг. Æргæвдджытæ æд бæттæн уырдæм йæ фæдыл бакалдысты, ахсын сын нæ куымдта æмæ йæ уæд секретартæй иуы къуындæг гаражмæ ба- тардтой. Уæдмæ мæгуыр, бафæллад æмæ йын уым йæ зылын сыкъатыл бæттæн абæттын бантыст. Галы хицау катай кодта, 2 Мах дуг № 5—^6 17
райкомы секретарь æй куы базона, гал йæ гаражы уыд, уый,. уæд загъд кæидзæни, зæгъгæ, фæлæ уымæ нæ байхъуыст, æр- мæст чызгæрвыстæй уымæн йæ шофырæн чъири æмæ дзидзайы хæйттæ барвыстой, изæры шофыр-лæппуты секретарь уым пуаз: гæ баййæфта, фæлæ йын не схъæр кодтой хуын сæм кæцæй æмæ цæй тыххæй æрбацыд, уый. Иу афæдзы фæстæ дзы уæддæр нæ аирвæзтыстæм. Нæ сы- хæгтæй иу. Цæра, арæзтадои куыстуаты сæргълæууæг, алы а$ дæр йæ мыггаджы дзуары бæрæгбон æнæ скæнгæ нæ фæвæййы,. алы аз дæр сæгъ балхæиы туг суадзынмæ. Фарон дæр афтæ, фæлæ уæдмæ Горбачев йæ ницæйаг тох самадта карз нозтьг иыхмæ, нæ республикæйы уæды партийы обкомы кусджытæ та йып йæ дзыхмæ кастысты, ирон цардыуаг сæ ферох, уайтагъд сæ бюройы сæрмагонд уынаффæ рахастой ироп арахъ нуазын æмæ кæртыты кусæрттæ кæныны ныхмæ, бирæ цыдæртæ ма дзы уыд. Партиои куысты-иу куыд уыд, афтæ йæ тæккæ цæфыл искæйы бафхæрын хъуыд, газеты йæ раскъæрын. Цæра дзы ба- хаудта йæ сæгъимæ æппæты фыццаг мах кæртæй. Абои дæр ма уыцы дис кæнæм, чи йæ бахæццæ кодта райкоммæ, зæгъгæ, кæ- уылдæрты дызæрдыг кæнæм, фæлæ йæ бæлвырд куынæ зонай^ уæд цы акæндзынæ, æнæуи та йын алывыдтæ уæддæр акалдтаик- кам, стæй йæ зыдтаиккам, чи цы гæнæг у, уый. Уый цыфæнды фæуæд, фæлæ Цæрамæ райкомы бюромæ ба- дзырдтой, йæ сæгъы æргæвсты хабар ып сæрмагонд фарстайæп равзæрстой, партийы ахсджиаг уынаффæтæ халæг æй схуыдтой. Æз дзы мæхæдæг дæр уыдтæн, нæ редактормæ бадзырдтой, исчн уæ бюройы абадæд, зæгъгæ, æмæ уый та цæмæндæр мæю рарвыста. Мæн цæмæн, уый æрæджиау бамбæрстон: райæххачгг- комы сæрдар ып бауайдзæф кодта, æз ын йæ хæлæрттæй иуыл^ колхозы сæрдарыл, критикон уац кæй ныффыстоп, уый тыххæй. Ныр редактор, æвæццæгæп, загъта: «Сæгъы хицау нæ сыхаг уг уый дæр æй федта кусарт кæнгæ, фæлæ йæ дзыхыл ныххæцыд,. уадз æмæ йæм бюройы æрдæдтой, кæд æнæпартион у, уæддæр». Мæнмæ пæ бахæццæ сты, фæлæ Цæрайы, цыма ныхас бакодтоп, уыйау сæ ныхтæ пыссагътой. Уæлдай тынгдæр архайдта, йæ зазбæласæй чи фæцух, уыцы секретарь. Уайдзæфы ныхæстæ æппæты фыццаг уын загъта: — Кварталы бæрæггæнæнтæ бахыгътам æгас райоиы æмæ- дæ цæмæй раппæлæм, ахæмæй ницы арæм,— мæстыйæ дзырдта уый,— нæдæр раззæгтæй нæ дæ, нæдæр фæстæгтæй. Дæхæдæг ма иын æй бамбарын кæн, кæцытæй дæ, уый? Иæ партийы сæргълæууæг æмбал Горбачев нæм тохмæ расидти, не ’взæрдзи- нæдты уидаг сыскъуынын кæнæм, зæгъгæ, партийы обком йæ ныхас загъта кусæртытæ кæныны тыххæй, зыдтай йæ, уæддæр 18
бавдæлдтæ æмæ иннæрдæм ныццавтай. Æцæг коммунист сæгъ- тæ фергæвды? Нæ!! Æцæг коммунист раздæр хъуыды акæны,' стæй та архайгæ. Уагæры ма дзидза бирæ куы нæ хæрис, уæд дæ царм де ’стæгыл бынтондæр куы баныхæсид. Æви афтæ зæгъыпмæ хъавыс æмæ мæллæг дæ куысты мæтæй дæ? Цæмæн- дæр мæ нæ уырны, кварталы бæрæггæнæнтæ мып бар нæ дæт- тыпц дæуыл æууæндыимæ... Æз иуварсырдыгæн бадтæн æмæ Цæрайы мæнырдыгæй æх- сæрварс куыд ныффæлурс, уый мæм хорз зынд. Ныртæккæ Цæра цыдæр зæгъдзæп, уый зыдтон. Æз ыл са- хуыр дæп, мæсты æрæгмæ кæны, фæлæ иугæр смæсты, уæд ком- коммæ дзураг у, уæпдаг. Нæ сых афтæ фæзæгъынц Дзирæт æмæ, дам, Цæра иухуызон сты, куы хъæуа, уæд се ’фхæрд ни- кæмæн ныббардзысты, æнæууылд пыхасæн къæйных дзуапп рат- дзысты æдзухдæр. Уалдзæджы фæстаг бонтæй иуы Цæра куы- сты фæдыл дæлæ Мæздæджы уыд. Изæры фæстæмæ куы раз- дæхт, иæ кæрты дуармæ куы æрхызт уыцы фæлладæн, уæд рай- æххæсткомы кусджытæй иу йæ тæккæ размæ фæци. Комкоммæ йæм пыккаст æмæ йын афтæ: — Æнхъæлдæн æмæ дзы кæмдæр булчъы сыфтимæ æркод- тай, æндæра дæ цæсгом ’ цæй сырх у. Дæхимæ ма-иу бакæс: йæхи йæм пал баурæдта Цæра: — Уагæр ма мын мæпæ мæ фæстагмæ куы бакæсис, уый но- джы сырхдæр у... Пыффæлурс ранæххæсткомы кусæджы цæсгом, уый æпхъæл ’ нæ уыд, йæ къух ауыгъта æмæ араст, æрмæст ма райкомы хæ- дзарырдæм ацамыдта: — Мæнæ та дæ ардæм хъæудзæп. Иубои та дæм баснддзы- сты... Ныр æм æцæгæйдæр мæиæ басидтысты. Дыккаг секрстарь, мæпмæ гæсгæ, йæ мæсты ныхас пæма фæцп, æвæццæгæн, чысыл пæ улæфт суадзын уыд йæ зæрды, фæлæ йæ мæ сыхаг дзурын пал суагъта, размæ йæ цурмæ бацыд æмæ йæм комкоммæ кæсгæйæ загъта: — Æмæ ды кæд афтæ тыпг мæт кæныс райопы хъуыддæг- тыл, уæд бутъыройы хуызæн фæйпæрдæм цæмæп фæцыдтæ? Цу хъуыддагæй ма мып зæгъ, нæ райоп иннæ районтæп уымæй фæзминаг у, зæгъгæ. Инпæ арæзтадоп куыстуæттæ дæр мæн куы- стуаты бæрц уæддæр куы бакуыстаиккой, уæд уæм фау нпчи хæссид. Зæгъинаг дын æй нæ уыдтæн, фæлæ дыл цы ауæрдып, дæхæдæг мыл куыпæ ауæрдыс, уæд. Мæнæ ма ацы адæмæп ра- дзур, æрæджы Мæскуыйы цæй тыххæй балæууыдтæ, уый. Ра- дзур ма, радзур... Æви йæ адæмæп зоиыи æнхъæл пæ дæ? Цæра адæммæ цæхгæр разылд; æцæг ныр йæ цæсгом æрдæ- 2* 19
бонау фæлурс нал уыд, фæлæ Мæздæгæй куы сыздæхт, уымæй ныр сырхдæр уыдис. — Нæ райкомы дыккаг секретарь фырмæтæй фырнæрдæй хæлы æмæ йæ Кашпировскийы æххуыс бахъуыд, кæннод фыр- мæтæй бынтондæр пъырыпъыфау атондзæни. Æнæхъæн дæс хатты Кашпировскийы дзыхмæ фæкасти. Махæн та, мæнæ нæ ам куы æрымбырд кодта, уæд цы æфсонæй цæуын загъта? Нæ депутат Болдинмæ, дам, цæуын æмæ уый руаджы шифер кæд ссарин. Цæй шифер æмæ цæй æндæр. Ардыгæй йæм базарады разамонджытæ атахтысты æмæ-иу сеансты фæстæ цы куыстой, уый уæ цæстытыл ауайæд. Уæд ма мын зæгъут, амæй мæнæй коммуиистдæр чи у? Æвиппайды иыхъхъус Цæра, æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ. Рай- комы фыццаг секретарь Бадурæн йæ цæстытæ арф æвæрд сты, фæлæ йыи хатгай размæ рабырынц. Мæнæ ныр дæр сæ бына- тæй рахаудзысты, цъæхæй-цъæхдæр ын кæнынц. Цыдæр æй уро- мы, æндæра фемæхсид, Цæрайы дзыхыл цъутта сæвæрын базо- нид. Иу ахæм уæндаг ма дзы уыди, дзыхарæхст, фæстæмæ къæп- пгæнаг уæртæ Заманхъулæй æмæ уый дæр феддæдуар кодта. . Зонын æй: залы хуынд адæм иууылдæр ацы, уысм уыцы заман- хьуйлаг къæнных сæрдары мысынц: Цæрайыл дæр уый бон .акæндзæн, фæстæмæ дзурын æгæр кæй уæнды, уый тыххæй, уагæры ма аххосджын куынæ уаид, йæхæдæг разамонæг куынæ уаид, фæллойадон коллективы хъомылгæнæг, партийы бюройы фæдзæхстытæй иу ферох кодта: æхсæнадон кæрты сæгъ нæ, фæлæ теуа æргæвдæн дæр нæй, уымæн æмæ кусартгæнджыты æгъатырдзинадмæ кæсгæйæ нæ рæзгæ фæсивæд хъæбæрзæрдæ кæныиц. Партийы райком партийы обкомы сæрмагонд уынаф- фæйы фæдыл йæхæдæг цы уынаффæ сфидар кодта, уым ис ахæм рæпхъытæ: «Районы фæллойгæнджытæй, уæлдайдæр та’ коммунистæй, депутаттæй искæмæ чындзæхсæвæн, куывдæн, авдæибæттæнæн æмæ ма æндæр исты хъуыддæгтæн кусæрттаг æргæвдын куы хъæуа, уæд-иу рагацау сæ партион, профцæди- сон æмæ фæскомцæдисон организацийы æххуысæй курдиат ба- дæттæд сæрмагонд æргæвдæн цехы разамындмæ...» Цæра йæ тинтычъи сæгъ æргæвдыпы тыххæй уыцы сæрма- гонд æргæвдæн цехыл нæ барвæссыд æмæ ныр хæцæд, мæнæ-иу мæ дæлеты рауайæд. Раздæр ’та чи фæуыдаид зæгъынмæ, Цæра, æви райкомы фыццаг секретарь, уый нæ рабæрæг, уымæн æмæ уатмæ фæстæ- ты æрбацыд райкомы техником секретарь, хæрзконд, хæрзуынд, æдзух хъазæн ныхас уарзаг Зариффæ, Бадурмæ æргуыбыр 1 кодта, цыдæр ын загъта, махмæ нæ фехъуысти, афтæмæй та иу- уылдæр хъустæ æмæ цæстытæ фестадыстæм, æрмæст йæ даргъ хъуссæджыты зæлланг азæлыд. 20
Бадур абонсарæй йæ гыццыл нарст æнгуылдзты цы къран- дас æууæрста, уый гæххæттытыл мæсты æвæрд æркодта, адæ- мыл йæ цæст ахаста: — Ис фæндон, цæмæй нæ куыст дæс минуты онг фæуромæм. Дард уæ мачи макæдæм ацæуæд... Бюройы иннæ уæнгтæ дæр йæ фæдыл ацыдысты, залы чи бадт, уыдоиæн дæр сæ фылдæр сæхи æддæмæ райстой, æз бад- гæйæ баззадтæн, мæ фиппаинæгтæ фыстон, фæстæдæр мæ, зæгъ- ыи, партион цардыл уацхъуыд фыссын куы бахъæуа, уæд сæ спайда, кæндзынæн. Цæра мæ уæлхъус куыд алæууыд, уый æрæ- джиау бамбæрстон, хæрдмæ йæм куыддæр скастæн, афтæ исты зæгъынмæ мæ разæй фæцис: — Ныр ды куыд æнхъæлыс, Цæлыкк,— зæрдиагæй дзырдта Цæра,— мæн ныртæккæ мæ куыстæй куы атæрой, уæд дзы ды афтæ уæлæнгæйтты аирвæзынмæ хъавыс? — Æмæ дзы æз та кæцырдыгæй дæн? — Куыд нæ? — йæ мидбылты худт райхæлд Цæрайæн,— Ку- сæрттаджы уæлхъус æппæтæй хъæрдæр «оммен, Хуыцау» чи хъæр кодта, стæй та рахиз сгуы кæмæ æрхаудта? Стæй ма мæ газеты дæр хъуамæ рауадзай, и?.. Нæ дыууæ дæр æмхудт ныккодтам. Дæс минуты уайтагъд атахтысты, хæдзар бынтондæр ныс- сабыр. Ныртæккæ цыдæр æрцæудзæн! Ницы æрцыди. Цыдæр зæд атахт райкомы цъæхдзаст фыц- цаг секретары сæрты, йæ цæсгом фæрухсдæр, бирæ фæдзырдта позты æмæ ирон фынджы æгъдæутты тыххæй, партийы обкомы уынаффæйыл, цалдæр хатты дæнцæгæн æрхаста Горбачевы зон- дамонæн ныхæстæ, стæй рахызт разамонæг кусæджы бæрнон- дзинадмæ, æрæджиау кæддæр фæндон бахаста Цæрайæн карз партион æфхæрд рахæссын, æрмæст йæ куысты баззайæд, аф- тæмæй. Фæстæдæр сбæрæг, фыццаг секретарь афтæ æвиппайды.цæ- мæн æрфæлмæп, уый. Йæ техникон секретарь Зариффæ мыи æй радзырдта сусæгæй. Бюро куы цыд, уæд, дам, æм цыдæр кур- диатимæ æрбацыд се ’рвадæлты зæронд лæг, уый йæм барвыста мидæмæ, чысыл ма рауайæд, зæгъгæ. Мæнæ цы ныхас рауадис се ’хсæн; Зæронд лæг: — Дæ хорзæхæй, лæппу, цæй бирæ бадут, уагæр цавæр тæрхæттæ хæссут, цард амæй уæлдай куы иицы хуыздæр кæны, уæд? Секретарь: — Куыд хуыздæр кæна, нæ разамопæг, кусджы- тæй бирæтæ сæхæдæг æгъдау куы халынц, уæд? Иннæ фæллоп- гæнджытæ сæ уынынц æмæ сæ фæзмынц. Ахæмтæ хицæутты бы- наты даргæ сты? 21
Зæронд лæг: — Уагæры уып цы кодта? Æгъдæуттæ дæр алы- хуызæттæ сты... Секретарь: — Уæлæ партийы обком уынаффæ рахаста æхсæ- надон кæртыты кусæрттаг куыд иичиуал æргæвда, афтæ. Ай та бавдæлд æмæ бон-сихорафон уым йæ сæгъы къубалыл кард сæ- вæрдта. Обкомы хицаумæ йæ чндæр схæццæ кодта, уый та мæн- мæ фæцис, уæ фындзы бып, дам, уын цытæ кусыпц, бафхæрут æй. Ныртæккæ йыл мæ пырх акалдзьшæп. Тæргæ йæ кæиæм. 'Зæропд лæг:—Æмæ ирон у обкомы хицау?.. Ау, нæ йæ \мбары, нæ фыдæлтæй ныи кæй баззад уыцы æгъдау, уый? Æви уый пæхи уыдоиæй зондджындæр хопы? Ирон нæу, зæгъгæ, дам, куы загътой зæронд лæгæн обкомы хицауæй, уæд, дам-иу йæ къухтæ кæрæдзиуыл куы ныццавта: — Æз æй уайтагъддæр базыдтон, уымæи пронæй тас нæу, уын. Нæ йын бамбарын кодтоп, раст кæй нæ кæны, уый йæ алы- оарс цы ирæттæ кусыиц, уыдон. Нæхи аххос та уыдн! Ацы лæ- джы та ма бафхæр, дæхямæ уыцы тæригъæддзннад ма райс, лартийы обком партийы обком у, Хуыцау та Хуыцау у. Стæй йын дæ мад-дæ фыды хатыр бакæп... Ныр, мæнæ ацы боиты, партийæн йæ кой дæр куы нал ис, райкомы агъуысты æндæр чидæртæ куы æрбадти, æмæ Цæра йæ дзæбæх зæрдæйы уагыл куы вæййы, уæд та хъазæн ныхас сæппары: — Искуы уæ искæйы нæ дохмбай парти сæгъы тыххæй баф- хæрдта? Мæн та бафхæрдта. Уый дзы ис, уый! Уыцы зæронд лæджы та мæнæ ацы кæртмæ хондзыпæп, сæгъ ыи æргæвддзы- пæн. Мæрдты-ну цы æрымысон, уый уыдзæп... Æмæ та хъæрæй ныххудти. Иухатт бюройы йæхицæн ныф- сæвæрæгау мæ уæлхъус куыд ныххудти, афтæ. Æгæр раджы сцнп кодта Цæра. Райкомы секретарь зæгъгæ пу кодта, йæ хъуыдыйы та æртхъирæн уыди, фæлæ уымæн нæ- дæр Цæра исты зыдта, пæдæр нæ хæдзары цæрджытæ. Бюройы фæстæ нæ кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд устытæ лæгты бына- ты сусхъæд бæласы бын бадтысты, ие ’рбацыдмæ æнхъæлмæ кæй кастысты, уый бæрæг уыд, цæй, цы баистут, зæгъгæ, нæ размæ ракалдысты. — Мæнæ мыл ацы тæппудтæ иыххæцыдысты, æндæра сын æз сæ бюромæ балæбурынмæ хъавыдтæи,— дзырды бар иуæн дæр пал лæвæрдта Дзирæт.— Хуыцауæй разы, уæртæ уыцы заз бæласы руаджы уырдæм фæндаг базыдтои. Цы мын сты? Мæ пъагæттæ мыи ратыдтаиккой, æви мын мæ сырх билет байстаик- кой? Сæ иуæй дæр æмæ сæ иннæмæн дæр уæгъд дæн. Уыдон 1 кæмæ сты, уыдоп дæр дзы сойтæ, мыйнаг, пæ мæрзынц, стæн сын мæпæй уæлдай фылдæр кад нæй. Кад сын кæд уыди, уæд 22
еъш уыдн кад. Ирон хæсмæ тындзæн нæй, фæзæгъынц. Фæ- лæуут!.. Бюройæн мæм йæ дыккаг бон райсомæй редактор йæхимæ басидти. Гæххæттыты астæу йæхи цыдæр агурæг скодта, куыст- хуыз, стæй мæм йæ сæр систа, дисгæнæгау мæ бафарста: — Цæй, куыд уыди зпон бюройы? Афтæ куы зæгъынц, нæ Фыццаг, дам, æй хъæддыхæй райдыдта, стæй, дам, æй æгæр дæр ма æрфæлмæн кодта. Кæцы Хуыцауæн цымæ куывта дæ сыхаг? Мах кой дзы пикуыцæй райхъуыст? — Мах кæй хоиыс? Газеты æнæхъæнæй, æви нæ дыууæ дæ- уæй искæйы? Уæд дзы нæ иуы кой дæр нæ уыд. — Мæ кой дзы хъуамæ ма уыдаид, уый бæлвырд у, фæлæ .æз дæуæн тарстæи,— йæхи та гæххæттытимæ архайæг скодта, йæ кæсæнцæстытыл схæц-схæц кæпы,— уæ кæрты цалдæр ком- муиисты цæры, разамонæг кусджытæ дзы, стæй ды та газеты кусæг. Газет та райкомы газет у. Æвæццæгæн æй федтай кусарт кæнгæйæ. Афтæ куы зæгъынц, ды, дам, къахыл хæцæг уыдтæ... Уыимæ ма партийы райкомы уыиаффæ æгас райоиы махæй раз- дæр куы пичи бакастаид. Дæу тыххæй нæ коллективыл сау стъæлф абадтаид, уый дæ ферох. Хуыцау хорз æмæ нæ Фыццаг латгай кæмæдæрты дæр байхъусы... «Дзур, дзур,— мæхинымæр хъуыды кодтон æз,— æрмæст мын бюройы тыххæй æрмæг ма ныффыссын кæн, Цæрайы цур ма цы цæсгомæй æрлæудзынæн»... — Мæнæ мæм ныртæккæ Зариффæ æрбадзырдта Фыццаджы помæн, бюройы тыххæй, дам, иу рæнхъ дæр ма радтут, куы хъæуа, уæд, дам, нæхæдæг ныффысдзыстæм. Уæддæр айхъуыс- дзæи. Уæ кæрты та нырæй фæстæмæ иу кусарт дæр пал уы- дзæи... Уымæй раст загъта мæ хицау. Уæвгæ дзы куынпæ уыди ку- сæртытæ, дыууæ чындзæхсæвы æмæ лæппуйы куывды æнæ уыдо- пæй куыд фидауынц, уыйас дзыллæйы цур фыпгтыл къуыдыр- фых дзидза нурыдзæхдонимæ куынæ æрæвæрай, уæд сæ æндæр цæмæй асайдзыиæ, фæлæ-иу кæртмæ дзидза цæттæйæ æрбалас- тон, æрмæст-иу хатгай сæр æмæ къæхтæ пæхи арауын бахъуыд. Агты бып-иу хус сугтæ бакал æмæ та-иу дон уайтагъд рафыхт, пæлхъ-пæлхъ кæнып-иу куы райдыдта, уæдмæ-иу дзидза дæр хсфсинтæ ныххæйттæ кодтой, стæй-иу æй арыиджы рахастой. Кæр- ты цæрджытæ-иу æрынцадысты: кусæртытæ ам конд нæ цыды- сты, уый бирæтæ федтой, ныр ныхас ничиуал баскъæфдзæн рай- коммæ, кæйдæр кæрты сæ аргæвстой, сæ хæстæджыты кæпæ сæ зонгæты хи хæдзæртты. Дуарæхгæдæй. Сывæллæ^тæ, галы хур- хæй туг куыд фемæхст, уый нæ федтой, уымæ гæсгæ сæ зæрдæ- тæн пыхъхъæбæр кæнынæй тас нæу. Цыбырдзырдæй, нæ кæр- 23
ты коммунисттæ партийы домæнтæ рæстæджы аккаг æххæст кæнын райдыдтой! Уымæй бæргæ сæнæмæт сты, фæлæ... Иу изæр нæ кæрты лæгтæ цалдæрæй сусхъæдбæласы бын бадтысты, фынг сæ цуры, хæдзары æфсинтæй сын, кæмæн йæ къух куыд амыдта, афтæ хаста — чи нозт, чи æйчытæ, чи хъæ- дындзтæ... Сидтытæ сидтыты фæдыл адаргъ сты, ныхас ныха’сы къахта. Æрдæгбадт уыдысты, афтæ цæмæндæр кой рауад фæе- таг хатт нæ кæрты цы чызгæрвыст уыди, уый тыххæй. Йæ чыз- джы къуырийы размæ моймæ радта милицæйы хицау Дрис, — Уæллæй, бирæ фæлхæстæ бакодта Дрис,— загъта иу. — Бæгуыдæр, фæлæ йæм æфтгæ дæр бирæ æрбакодта. Нæ федтат, цас дзыллæтæ дзы уыдис, уый, уæлдайдæр хицауад. Æз уын зæгъын, иу голлагæй дзы къаддæр æхца не ’рымбырд уы- даид... — Йæ хæрдзтæй йе ’фтиæгтæ фылдæр кæй уыдысты, уый бæлвырд у, фæлæ нæ алыварс адæм цы дзурынц, уый уын зæгъ- он. Дрис, дам, йæхæдæг кусарт нæ акодта. Колхозты æмæ сов- хозты скълæдтæй, дам, ын чи агъд æрбарвыста, чи фæрсджы- тæ, чи та галы сæр... Раст зæгъын хъæуы, нæ мæ уырны, фæлæ мæм уæддæр цыдæр дызæрдыгдзинад ис. Уæхæдæг æй зонут, хауы йæм дзы, уый... Исдуг ничи ницы дзырдта, фынгыл бадджытæ хъуыдыты аныгъуылдысты, дам-думы фарс ничи рахæцыд, йæ ныхмæ дæр ничи радзырдта. Цæмæй ныхас æндæр истæмæ ахиза, уый тых- хæй Цæра фæцырд: — Уæлæ обком уынаффæ куы хастой, уæд, æвæццæгæи, кæ- ронмæ нæ ахъуыыд кодтой, кусарт адæмы цур куынæ акæнынц, уæд ирон адæм цытæ фæдзурынц, уый. Уæлдайдæр ахæм лæг- тæй... Æппындæр сидгæ нал кæнæм æви цы? Схæцут ма уæ агуывзæтыл... Дыккаг бон Дрис, дам-думы кой чи ракодта, уымæ балæ- бурдта, кæмæй йæ фехъуыстай, уый, дам, схъæр кæн, кæннод, мæ сыхаг дæ, уымæ нæ фæкæсдзынæн, уæлæ дæм милицæмæ басиддзынæн, кæнæ ды, кæнæ та æндæр чидæр советон разамо- нæджы кад цæмæй дæлæмæ æрхауа, ууыл архайы, мæ чызджы, мæ иог хæстæджыты, стæй мæ æрцæуæг адæмы цæсты æфтаут æмæ уын æй нæ ныббардзынæн, Хуыцау хорз æмæ закъонтæ иырма зонын... Ницы йын схъæр кодта нæдæр уыцы бон, нæдæр фæстæдæр, се ’хсæн фидауджытæ бацыд, æрсабыр сæ кодтой. Дрис ма суанг, иу изæр та нæ хæдзары лæгтæ куы æрæмбырд сты, уæд партийы обкомы уынаффæйы ныхмæ дæр радзырдта, мæнæ, ’дам, Цæрайы дæр хæрз дзæгъæлы бафхæрдтой йæ сæгъы тых- хæй, ирон адæм æгæр уæздан сты, æндæра сæ бартыл цæуыл- 24
нæ сдзурынц... Барæй, æви зæрдиагæй дзуры, уымæн ничи ницы равзæрста, баууæндыдысты, æви йыл нæ баууæндыдысты, уый< æз мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон, уæддæр æмæ уый фæстæ дæр уый тыххæн йæ хъуыды ничи загъта. Мæнæн уыдис цы загътаин,. уый, фæлæ мæ дзыхæй иу ныхас дæр нæ сирвæзт, редакцимæ нæм Дрисыл дзидзайы комбинатæй цы фыстæг æрбацыд, уый тыххæй, уымæн æмæ дзы нæдæр мыггаг фыст уыд бынæй, нæ~ дæр ном. Мæхи кой дæр дзы уыди. Æз æй писмоты хайады сæргълæууæгæй редакторы сусæгæй ракуырдтон æмæ йæ сфыс- тон мæхицæн. Мæиæ ма йæ сымах дæр бакæсут: «Зынаргъ ре- дактор! Кæдæй-уæдæй уæм фыссын æмæ кæд мæгуыр, æнаххосг лæгæн искуы баххуыс кодтат, уæд ма фæзивæг кæнут, мæ рæст- дзинад мын сбæрæг кæнут. Хабар та афтæ уыд. Цалдæр боны размæ нæм цехмæ æрбацыд нæхи кусджытæй иу æмæ, дам, мын директор афтæ зæгъы, дæуæй уымæн, дам, зæгъ, æмæ иу дзæ- бæх агъд, дзидза бирæ кæуыл уа, ахæм уæртæ милицæйы хи- цауæи гыццыл æхгæд машинæйы баласæд, чызгæрвыст æм ис. Æз ын нæ бакуымдтон, цалдæр хатты йын баластон уымæй раз~ мæ æмæ иу хатт афтæ нæ загъта, мæнæ ма мидæмæ рацу, иу баназ, кæнæ та мæнæ иу авг демæ айс, зæгъгæ. Милицæйы хи- цау у, фæлæ ирон лæг нал у? Иу ныхасæй, уыцы бон мæсты уыдтæн, æхсæвы мæ усимæ иу чысыл ахъуын дæн æмæ дирек- торæн «нæ» ныкъкъуырдтон. Уый та ахæмтæ нæ барста, уай- тагъд бардзырд ацъапп ластой, куыстæй, дам, дæ тæрæм, цы~ дæртæ ма мæм ссардтой... Афтæ нæ зæгъын, бынтон æнаипп дæн, зæгъгæ, фæлæ мæ- тæргæ цæмæй акæна, ахæмæй дæр ницы бакодтон. Стæй мæ бинонтæ дарын хъæуы, ам та ацы мæгуыр заман дзидза асла- мæй уæддæр райсын. Æмæ йын тæрын нæ комын. Мæ ном, мæ* мыггаг уæм нæ фыссын, иæ комбинатмæ æрбацæут, кæйфæн- дыдæр бафæрсут, ивгъуыд къуырийы уæ йæ куыстæй кæй сырд- той, зæгъгæ, æмæ уын æй алчидæр зæгъдзæн. Æцæг та-иу иннæ- хæттыты хуызæн раздæр директормæ ма бацæут. Иу курдиат ма: милицæйы хицауы сыхаг Цæлыкк сымахмæ* кусы æмæ-иу уый ма æрбарвит, уый йæ сыхаджы разæй мæ фарс нæ рахæццæн...» Абоп дæр ма мæхицæй бузныг дæн, æнæзонгæ лæджы фыс- тæг кæй рафыстон, уымæй, уый фæстæ ма йæ агуырдтон, фæлæ йæ мæ цæсты кæронæй дæр нал федтон, писмоты хайады сæргъ- лæууæг æй редактормæ бахаста, редактор æй, райкомы мили- нæйы куыстæн дзуапп чи лæвæрдта, уыцы ипструктормæ рав- дыста, уыцы инструктор та йæ амы æппæты уæлдæр хицау Бæс- ты’бикъы егъау стъолыл æрæвæрдта... Æмæ фесæфти йæ фæдг. бапдзыгп мæгуыр лæджы фæдисхъæр пæ цъæхдзаст фыццаг 25
юекретары уæрæх уаты. Чи зоны, Дрисæн хицæнæй, лæгæй-лæг- мæ исты загътаид, фæлæ æддæмæ ннцы райхъуыст, стæй нæ райхъуыстаид, хæлæрттæ уыдысты, мæ сыхагæй мын афтæ дæр ма-иу дзырдтой «фыццагæн йæ зæвæттæ стæрынмæ дæр цæттæ у», зæгъгæ, æцæг ыл æз мæхæдæг уый онг пикуыма фæгуырысхо дæи, йæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, се ’ртыккаг хæлар, горæххæст- комы сæрдар Бечырæй цы зæгъыс, уый зæгъ, райкомы уырды- гыстæг æй хонынц, фынджы уæлхъус, дам, секретарты алыварс цъилау фæзилы. Уымæн дæр мæ йæ тæригъæд нæ хъæуы, мæхи хъустæй цы фехъуыстон, уый фыссын. Цалдæр азы размæ фыц- цаг секретарь ардæм куы æрбаныд, фондзуæладзыгон хæдзары Аын цæрæнуæттæ куы радтой, уæд, дам, Бечыр уымæп йæ уазæг- доны чехаг æрбадæн сæвæрыныл никæуыл баууæндыд, йæхæдæг батылдта йæ дыстæ. Æндæр кой нал уыдис уæд, иутæ йæ фауд- той, иннæтæ дзы æппæлыдысты, тынг раст, дам, æвæры йæ цард, иыртæккæ дуг ахæм скодта, йæхи уарзын кæны хицауадæн æмæ кæсут, йæ рацыд, йæ бацыд — алырдыгæй хъахъæд. Фарон Бе- чыры тыххæй нæ редакторыл æфхæрд ауад, газеткæсæджы критикои фыстæг ныммыхуыр кодтам, горæххæсткомы ’дзы фаудта, дыккаг бои æм райкоммæ бадзырдтой æмæ цалдæр боны фæстæ нæ газеты фæзынд репортаж «Иу бон горæххæст- жомы сæрдары кабинеты», сыгъдæг æппæлæн ныхæстæ дзы, куыд уæздан сты амы кусджытæ æрбацæуджытимæ, горæххæсткомы сæрдар йæхæдæг куыд лæмбынæг кæсы адæмы курдиæттæ æмæ хъæстытæм. Ныр дæр уымæн аскъæфта нæ редактор дзидзайы комбииатæй уыцы фыстæг райкоммæ. Мæ кой дзы кæй уыд, мæн та уый мардта, æмæ иу фæссихор комбинаты балæууыдтæн. Кæрты арфы бæлæсты аууопæй мæ размæ рацыд иу бæзæрхыгтæ лæппу-лæг, зæбул рихитæ йын, тызмæгхуыз. Комкоммæ мæм иыккаст: — Æмæ æз редакторæн афтæ куы фæдзæхстон, дæуæй уый мын ма æрбарвит, зæгъгæ... Йæхæдæг мæ зыдта, уый рабæрæг. Æз дзуаппы бæсты мæ мндбылты бахудтæн. Иæ дыстæ уæлиау фæлдæхт уыдысты, йæ фæтæн цонгмæ йын фæкомкоммæ дæн, йæ рæмбыпыкъæдзы хæдсæрмæ сау-сауид хъуыпты бын фыстытæ: «Не забуду мать родную и родной Кав- каз», рæмбыныкъæдзы бынмæ та «Ирина, жди меня и я вер- нусь». Дыууæ фарстайы фегуырд мæ сæры: «Кæд ын сæ ахæс- -тоны пыффыстой?.. Цымæ йæм банхъæлмæ касти уыцы Иринæ?» Сдæй та мæ сабидуг ауад мæ цæстытыл. Хæсты фæстæйы æх- хормаг азты-иу сæрды канпкулты хъæугæрон дæлбылы самап- .дуртæ кодтам уæй кæнынмæ. Быдырæй-иу голджыты хъæмп 26
æрбахастам цъыфимæ змæнтынмæ. Иу сихор нæм æрбафтыд фалæсыхаг лæппу, махæй хистæр, йемæ судзинтæ æмæ авджы- дзаг сау туш. Нæ сыхы лæппутæ иууылдæр сæ галиу къухтыл. фæннæ æртæ дзырды ныффыстой: «Я вас люблю». Фалæсыхаг лæппуйы къухыл дæр афтæ фыст уыди. Иннæтæн пæ зонын, фæлæ уæд æз уарзын циу, уый зснгæ дæр нæма кодтоп... Бирæ фæныхас кодтам мæ ног зонгæимæ, Хасаи йæ ном, фæхъæстытæ мын кодта: «Бадгæ кодтоп, уый зыдта днректор æмæ мæ тыххæй райста куыстмæ, лæгъстæнаг ын дæи, уый .-зыдта æмæ мæ хицауадæн дзидзаласæг скодта. Се ’пиæты дæр дары, уæлдайдæр бæрæгбонты... Дæ сыхагæп иу ссæдз хатты баластон æмæ мæ дуарæн мидæмæ дæр никуы бауагътоп. Уæд, ау нрæттæ не сты æви цы? Йæ сыхæгтæн дæр афтæ кæпы?.. Иудзырдæй, бирæ зоиын æмæ директор загъта, æгъгъæд ын у, пыр та æпдæр исчи ласæд хицауадæн. Дæ бои мыи исты бах- хуыс у?!» Æз мæ фæндаг милицæйыл ракодтон, Дрисы йæ кабинеты баййæфтон, бацин мыл кодта, кæдæй-уæдæй, дам, мæм мæ сы- хæгтæй дæр чидæр æрбацыд, хабар ын ракодтон, уый мæ цуры телефоны хæтæл систа, дзидзайы комбинатмæ ныдздзырдта, мæп тыххæй уыцы лæджы ма бахъыгдар, зæгъгæ, директорæн ныффæдзæхста. Æз тынг фæбузныг дæн мæ сыхагæй. Дрисы кусæрттаджы кой бамынæг, æндæр гал нæм уæдæй нырмæ иал уыд, æфсоп дæр ып нæма ис, нæ чызджытæн мой жæнын сæ хъуыдыйы нæй, лæппутæн та чындзæхсæвтæ, афтæмæй та дзы кæмæндæрты афон у, гал куы хъæуа, уæд уый дæр су- сæгæй ахауын кæндзыстæм, ныр та уал бабызтæ, хъазтæ, гогыз- тæ, кæрчытæ, уасджытæ... Кæмæн куыд æптысы, афтæ. Зæгъæм, ме ’мкъул чи цæры, уыцы худæг лæг Геор зымæг зымæджы дæр- гъы вæййы алы базары дæр, алы базарæй дæр хъаз æрбахæс- сы, йæхæдæг æй аргæвды, уæларт дон сæвæры, кæртмæ йæ са- райы бын стъолмæ рахæссы, хъазы уым фæтъыссы, ныттопы йæ. Фыцгæ дæр сæ йæхæдæг фæкæпы, бæрæг рæстæг æй уæларт бауадзы, стæй йæ райсы, йæ хуылфы йын фæткъуыпы кæрсты- тæ, нурыйы кæрдихтæ, хъæдыпдзы æмбистæ æмæ цывзыпы кæр- стытæ бакæмы æмæ йæ духовкæйы бавæры, йæ тæф куы ракæ- лы, уæд æй райсы. Чъынды пæу Геор, цытæ дзурыс, нæ уд дæр дып авæрдзæн, фæлæ иугæр уыцы фых хъаз фыпгыл æрæвæрд- та, зæгъгæ, уæд ып уазæгæй æнаддæр ницы ис. Арахъ рауадзы, Стыр Хуыцаумæ скувы æмæ цыма иу афæдз хæринаджы хъæ- стæ нæ фæцис, уыйау зæрдиагæй бавналы. Хъазы д^идза дзы афтæ тынг уарзгæ пикуыма федтон, хæлар ын уа. Æрæджы хъæддаг бабыз дæр фæцæйæргæвста, уæртæ йын «æй Дзæгъæлкомы æрцахста йæ хæлар цуапон, кæртмæ йæ иу 27
сæумæрайсом рахаста, мидæгæй дзы кард ферох, уыцы рæстæг нæ кæртыл иу æнæзонгæ лæппу æрбацæйцыд, уымæ йæ авæрд- та, мæ рацыдмæ йыл фæхæц, зæгъгæ, къæсæрмæ дæр нæма ба- хæццæ, афтæ лæппу, æвæццæгæн, бабызæн фæтæригъд кодта, хæрдмæ йæ фехста æмæ алыгъд. Геор ма йьш фæстейы йæ ма- ды тынг ралгъыста, уыцы рæстæг кæрты цы сылгоймæгтæ уыдн, уыдон фырæфсæрмæй сæ хъустыл ныххæцыдысты... Уыцы къæйных лæппуйы фæстæдæр бафæзмыдтой ленингра- даг дыууæ уазæг чызджы дæр. Æцæг уыдонæн æнæбары рауад. Сæ фысымтæм тутитæ уыдис хицæн къалатийы мидæг. Чызджы- тæ бавдæлдысты æмæ сæ фæссихор, сусхъæд бæлаеы дидинджы- тæ тыд куы фесты, уæд кæртмæ рахастой, саст къалиутыл сæ æрцауыгътой æмæ сын сæ цъыбар-цъыбурмæ хъуыстой, фæлæ сын телын дуæрттæ æгæр гомæй аззадысты æмæ цъиутæ сæхи æддæмæ раппæрстой, уайтагъд бæлæсты аууон фесты... Æнæ- фæрсгæйæ чи батахт, ратæхын чи нæуал куымдта, ахæм маргъ дæр уыдис нæ сыхаг Цуцийы мидæггаг уаты: хæлынбыттыр. Уæвгæ йæхæдæг батахт, гомæй чи аззад, рудзынджы уыцы цæс- тыл, æви йæ исчи баппæрста, уымæн абон дæр ма бæлвырдæй ничи ницы зоны, алы иыхæстæ кæнынц мæ сыхæгтæ. Бирæ азты дæргъы Цуци партийы райкомы фæкуыста, хицауадмæ, дам, ныхæстæ хæссаг уыд, бирæты зæрдæхудты бацыд æмæ дзы ныр чидæртæ сæ маст исынц. Куыстæй куы рацыд, уымæй иу мæйы фæстæ нæ сыхæгтæ Хетæджы къохæй раздæхтысты, Цуцийы кæрты тулдз бæласы бын бадгæ æрбаййæфтой æмæ йын йæ цу- ры сæ кувæггæгтæ æрæвæрдтой — чъирийы æмбис, дзидзайы хай æмæ бæгæны. Нæ сыл барвæссыд, саходын дæр дзы нæ бакуымдта. Уырдыгæй куыддæр сыстад æмæ цалдæр къахдзæ- фы акодта, афтæ бæласы уидагыл йæ къах скъуырдта, размæ бахаудта, йæ къух йæ быпы фæцис æмæ йын асаст. Иу райсом раджы та йын чидæр йæ хуыссæнмæ рудзынгæй газеты фæл- мæн тыхтон баппæрста, райхæлдта йæ æмæ дзы хъуджы... фа- джыс. Ныр та йæм хæлынбыттыр бауагътой. Цуцийы бинойнаг Лизæ, йæ чызг æмæ лæппу-иу алы хæцъилтæ райстой, хæлуа- рæджы тынтæ мæрзæн цъылынтæ, стыр хисæрфæнтæ-иу тылд- той, дуæрттæ æмæ-иу рудзгуытæ ныттыгътой, хъæр-иу систой, уæддæр сын цалдæр боны ратæрын нæ бакуымдта. Æхсæв-ну лæг æмæ ус уатмæ куы бацыдысты, базмæ-иу сæ сæртæ куыд- дæр æруагътон, афтæ-иу хæлынбыттыр уæллаг къуымæй цъыс- цъыс кæнын райдыдта, цалынмæ-иу уыдон тæргайæ нæ ралыгъ- дысты, уæдмæ. Милицæйы хицау Дрис сæ тæккæ быимæ цæрыу сæ хъизæмармæ кæсын сын иал бафæрæзта, иу æхсæв сæм ссыд .æмæ йæ дамбацайы хуымпъырмæ бавиæлдта... Уыцы гæрах арв- нæрæгау азæлыд, мæ сыхæгтæй алкæмæдæр фехъуыст, кæртмæ 28
ракалыдсты. Фыццаг гæрах уыд уый, ам куы цæрынц, уæдæй нырмæ, Хуыцау æй фæстаг фæкæнæд, зæгъгæ, уыцы æхсæв скуывта, фæлæ йæ куывд Хуыцаумæ нæ фехъуыст, æртæ къуы- рийы дæр æххæст нæма рацыд, афтæ нæ кæрты бæстастæу ав- томаттæ Кузьмайы чырыны уæлхъус скъæр-къæр кодтой, сус- хъæд бæлæсты лыг цъæх сыфтæртæ тæвд асфальтмæ æрызгъæл- дысты... Уымæй иу-цалдæр боны размæ Кузьма нæ сыхагимæ Теркыл бахызтысты совхозы хæсыл джитъри тонынмæ — фараст бед- райы хæдзарадæн, дæсæм — та дæхицæн. Уым Кузьма быдыр- гæсимæ фæлымæн, уый йын зæрдæ бавæрдта, æз дын дæ джитъ- риты голлаг уæхимæ баласдзынæн, зæгъгæ, фæндагыл ын, æвæц- цæгæн, нæ сыхаг бирæ нуазын мæ бон у, зæгъгæ, йæхицæй рап- пæлыд æмæ уæд хъæуккаг йæхимæ хардзау æркаст, йемæ хæс- лаг скодта, кæд, дам, æнæрывæргæйæ æртæ литры балон ирон арахъ бануазай, уæд дын мæнæ мæ хæрæг æмæ йæ сæхимæ Фарныхъæуы Пухаты уынгмæ акодта. Рамбылдта хæснаг Кузь- ма, хæрæгуæрдон æй æрбаласта, сусхъæд бæласыл æй бабаста, йæхæдæг æд голлаг дзой-дзой кæнгæ мидæмæ бацыд æмæ хуыс- сæныл дæлгоммæ бахауд. Дыккаг бон, стæй та æртыккаг бон дæр хæрæгмæ куы ничи ракаст, уасын куы райдыдта, уæд æм гыццыл лæппутæ бауæн- дыдысты, йæ баст ын райхæлдтой, фæлладуадзæи паркмæ йæ акодтой æмæ йыл уым сывæлæттæ æрæмбырд сты. Кæд фенынц горæтæгтæ хæрæг афтæ хæстæгмæ?!! Кузьма зынæг куынæ уыд, уæд мæ сыхæгтæй чидæр, кæд ыл исты æрцыд, зæгъгæ, Дрисмæ бацыд. Дрис милицæйы хистæр сержапты æрæрвыста æмæ йын уый йæ дуар басаста... Никуы мæ ферох уыдзæн йæ ныгæнæн ,бон. Уымæй размæ цы уыд, уымæн ничи ницы зыдта, фæлæ ацы хæдзары зыбыты иунæгæй царди, кæд ын искуы хæстæджытæ баззад, фæлæ йæ- хæдæг дæр сæ кой никуы скодта æмæ сæм кæдæм арвыстаик- кам, фæстагмæ куыста уынгты бырæттæ æвгæнæгæй æмæ йæ уыдоп афоныл фехъуыстой. Нæ хæдзары хистæр Уырызмæг уыди уынаффæгæнæг: «Не ’хсæн фæцарди, хæсты сæрæй кæрон- мæ фæцис, майоры цинимæ дзы ссыди, кæд иозтæмхиц уыдис, уæддæр никуы никæйы зæрдæхудты бацыд, никуы никæиы ба- хъыгдæрдта, æнцад-иу йæ мæгуыр хуыссæнты батылди... Цæй æмæ йын нæхи ирон æгъдæуттæ скæнæм, йæ зæххы хайыл æй сæмбæлын кæнæм»... Мæнæн баргонд уыдис хæсты ветерапты номæй тæфæрфæсы ныхæстæ ныффыссын, стæй хæстон комисса- риатæн фехъусын кæнын, цæмæй сыл ахæм боп ахæм лæгæн цы æмбæлы, уыцы æгъдæуттæ йын скæной. Иннæтæй чи суг ла- ста, чи хъæумæ ацыд арахъ æмæ фыс æлхæнынмæ... 29
— Кусæрттагмæ арвыстам, фæлæ йæ æргæвдгæ та кæм акæндзыстæм? — ныхасгæнгæ æрбаййæфтон Уырызмæг æмæ Цæ- райы.— Райкомы тæккæ фындзы бын цæрæм æмæ та нæ куы бафхæрой. Арахъ-иу суары афтид æвгты ныккæнут æмæ бæрæг ма уа, науæд сæ бынтон нæхимæ сызнæт кæндзыстæм... Диссаг сты, æвæдза, нæ хицæуттæ, рухсаджы тыххæй йын донæй нуазшг кæпынц... Цæра хистæры ныхæстæм йæ мидбылты бахудт, цæй тыххæй зæгъы, уый бамбæрста. — Уæд та мæхæдæг нæ фыццаг секретарьмæ бацæуин,— загъта Уырызмæг,— кæд пæ нæ бахъыгдарид... Хæстон лæг уыди йын зæгъдзынæн, æндæр адæмыхаттæй у... Абон ма нæ бауадзæд, уæддæр ныл дæс азы иу зиан йеддæмæ нæ цæуы. Исты мын дзы рауайдзæн? Цæра йын æрæгмæ дзуапп куы лæвæрдта, уæд Уырызмæг мæнмæ разылд: — Цом-ма, лæппу, мемæ, фæндаг мыи бацамон. Кæм нæ уыдтæн, фæлæ ардыгæй уырдæм никуы сæмбæлдтæн... Æз æй уæлæмæ скодтон, Зариффæ ныл бацин кодта, пæ курдиат хицауæн зæгъынмæ рæвдз бауади, фæлæ æрæгмæ куы здæхт, уæд мæхинымæр скатай дæн, æрæджиау уæддæр мид- былхудгæ рахызт: — Хорз лæг, тынг æнæвдæлон у, фæлæ, дам, æй уæддæр- рауадз... Зариффæ мын хъазæн ныхæстæ кæныныл куы схæца, зæгъ- гæ, абои мæ уыдонмæ не ’вдæлы, стæй мæ Бадур ам куы рап- йафа, уымæй тæрсгæйæ, мæхи æддæмæ райстон, æнгуз бæласы бып æрлæууыдтæн. Уырызмæг уайтагъд фæзынд, йæ цæсгом ныссырх, йæ къухтæ кæрæдзиуыл æрхоста: — Мæнæ зæрондæй куыд фæрæдыдтæн, мæнæ. Загътон, мæ сæры урсытæй мын уæддæр фефсæрмы уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ йæм пымад дæр нæ уыдысты. Мæнæ, дам, фондзыссæдз азы фæ- стæ дæхæдæг куы амæлай, уæд бауадздзыстæм, ныр та дам, партион уынаффæтæ халыи никæй бон у... Суанг пæ хæдзары онг ныхас никæмæй уал схаудта, кæрт- мæ куы бахызтыстæм, уæд æй йæ хæдоны фæтæ’п дысæй бау- рæдтон: — Уæртæ йæ мæ гаражы аргæвдæм... Сихормæ æввахс нæ хæдзары цæрджытæ иууылдæр кæртмæ- рацыдысты, хæстæг хæдзæрттæй дæр чидæртæ сусхъæд бæласы аууон Кузьмайы чырыны уæлхъус æрлæууыдысты, æд дидин- ;щытæ æрцыдысты коммуналон хæдзарады кусджытæ, иу да^р сæ фæстейы пæ баззад, уыдоны чъылдыммæ та фондз салддты ралæууыд æдхæцæнгарз. Кæуын дзы нæ райхъуыст, æрмæст 30
Фатка йæ гæдыбæласы уæйы тыххæй куы радзырдта, йæ хъуы- ры карз нозт куы фæбадт, уæд ын Кузьма йæ фæсонтыл куыд, ралæууыд, уымæ куы бахæццæ ис, уæд устытæн сæ зæрдæтæ суыигæг сты. Мидбылхудт дæр дзы уыдис. Устытæ бакъорд сты, знаны куыд вæййы, афтæ, сæ иу дзырдта, иннæтæ дзы сæ цæстытæ нæ истой, сæ худын тыххæй урæдтой. Чи зоны, уыдоны, дæр мæп< йеддæмæ ничи бафиппайдта, цымыдисаг мып уыд, уагæр цæуыл. худтысты, уый æмæ сæ цалдæр боны фæстæ æнæбафæрсгæ нал фæлæууыдтæн. Æмæ, дам, нал хъуыды кæныс, фарои Уырыз- мæг йæ чызджы моймæ куы лæвæрдта, уый. Сыхаг хъæумæ ар- выстой арахъ æлхæнынмæ, Кузьмайы дæр семæ, нозт хъæбæр* у æви лæмæгъ, уый æвзарæг, ома дегустаторæй. Фондз хæдза- ры дуæрттæ бахостой, алыраи дæр дзы цайцымæн ныццавта. стæй фæстæмæ, фыццаг цы хæдзары къæсæрæй бахызтысты, уырдæм раздæхтысты, уым та æхсæзæм цайцымæнæн суагъта йæ бынæй рухс. Арахъ шофыр йæхæдæг рахаста, Кузьмайы та хæдзары хицау — фæрасыги. Уæдæй фæстæмæ йыл уыцы хъуыд- даджы нал æууæндыдысты. Уырызмæгмæ иуцасдæр дзыхæй дæр> иал дзырдта. Уырызмæг та уыди кæрты уынаффæгæнæг: — Чырыны уæлхъус ныхас мæхæдæг байгом кæндзыпæн.. мæхæдæг сыхбæсты помæй дæр зæгъдзынæп. Стæй уæд ныхасы бар Зауырбегæн ратдзынæн, хæстонты номæй... Кæд ма уый фæстæ искæй исты зæгъып фæнда, уæд-иу зæгъæд... Уæдæ Кузьмайы хуыздæр сбуц кæнæм, зæгъгæ, нæ сыхæгтæй’ алы хæдзар дæр æхца æрывæрдта æмæ сын се ’мбисæй музы- кæ баххуырстам. Цыппар лæджы сты æрмæст, горæты зиантыл’ зилынц æмæ æхца кусынц. Дыууæ дзы хæсты архайджытæ, алы зианмæ дæр сæ хæрзиуджытæй байдзаг вæййынц сæ зæронд риутæ, чидæртæ сæ «æнæхæдзæрттæ» хоиыиц, æдзухдæр уыцы æнцъылдтæ æмæ æпæдаст, уæлдайдæр та сæ разамонæг гуыбыр Василий. Фæлæ, кæйдæр загъдау, æппыннæйы бæсты сбæззыиц, зианджыны бипонтæ сæ арæх бацагурынц æмæ уыдоп дæр сæхи- цæн кад кæнын ба’домынц: куыддæр знан сыджыты бып фæвæй- йы æмæ фæстаг æнкъард цагъд азæлы, афтæ сын хъуамæ рад- тай æхца, хъæздыджы знан у æви мæгуыры, коммункст у кæпæ депутат, хæстæг сын у, æви дæрддаг — се ’ппæтæй дæр истой сæдæ сомы, стæй ма-иу сæ хисты дæр хъуамæ хорз федтаиккой. Уыдон чысыл раздæр кæртмæ куы æрбацыдысты, уæд сын сæ быиат ничи бацамыдта æмæ æгæр дард лæуд фесты, салдæт- тæй фалдæр. Уырызмæг мын йæ сæрæй уыдоны ’рдæм ацамыд- та æмæ йæ æз бамбæрстон: чырынмæ сæ хæстæгдæр ракæнын. хъæуы. Æртæ-цыппар къахдзæфы дæр иæма скодтон, афтæ адæ- 31
1Ы уынæрмæ фæкастæн: иууылдæр уынджырдæм се ’ргом аз- дæхтой, кæрæдзийы хъусты — сусу-бусу систой. Сæ сæрты ака- 'Стæн æз дæр: кæртмæ цыдæр æнахуыр сæрыстырхуызæй æрба- цæйцыдысты районы æмæ горæты хицауад. Бадур, Дзылат, ^сæсты ветеранты Советы сæрдар Зауырбег æмæ райкомы æр- тыккаг секретарь Хангуассæ, сырх-сырхид къаба йыл, цыма йын, лозунгтæ-иу кæуыл фыстой, уыцы хъуымацæй уыдис хуыд, уыдоны фæстæ рарæнхъ сты райкомы бюройы уæнгтæ Дрис, Бечыр, мæ хицау æмæ ма иу-цалдæрæй. Бæрæг адæм уыдысты, иугæр-иу райкомы фыццаг секретарь искуыдæм зианмæ цыдис, уæд-иу уыдон дæр йемæ ныххал сты, зианджынты зонынц, нæ зонынц, уый сын уæлдай нæ уыдис, сæйрагдæр сын уыд адæмы цæст, кæсут, районы хицаумæ хæстæг æвæрд ,сты, нымайы сæ. Сыхы хистæр Уырызмæг дæр сæм фæкомкоммæ ис, размæ цалдæр санчъехы акодта, уымæн кæндзысты ныртæккæ тæфæр- фæс, уый сын хъуамæ зæгъа арфæйы ныхæстæ, æгайтма сæ йæрнон куыст ныууагътой æмæ рæстæг ссардтой хуымæтæг мæ- .гуыр лæджы, хæсты ветераны зианы уæлхъус алæууынмæ, йæ ,дæргъæй-дæргъмæ цæнгтæ хъæдуры хъилтау æруагъта, уæртæ .астæуæй хæрдтыгæсгæ Бадур æрбацæуы. Æвæццæгæн, мæнæй •раздæр ничи федта дарддæр цы æрцыдис, уый дæр: Дзирæт 'Фаткайæ йæхи ратыдта, къуылых-къуылых ’Уырызмæджы дæр .йæ фæстæ фæуагъта, кæрты дуары цур районы хицауады раз- мæ йæ лæдзæджы æнцой хæлиу æрлæууыд, ныртæккæ цыдæр зæгъдзæн, йæ лæгой хъæлæс алкæмæдæр фехъуысдзæн. Райо- ны æвзаргæ лæгтæн Дзирæты фæзынд æнæнхъæлæджы уыди, сæ цыд фæсабырдæр, стæй раззæгтæ дзыхълæуд æркодтой, фæс- тæгтæ уымæ цæттæ нæ уыдысты, æрбаййæфтой сæ, кæцыдæр <сæ, æнхъæлдæн, Бечыр уыди, Бадуры зæвæт бакъуырдта æмæ уый размæ фæцудыдта, Дзирæт ын йæ риумæ йæ лæдзæг куы- нæ фæцарæзтаид, уæд Дзирæтыл фæцæйхаудта. Сæ катай куы банцад, уæд Дзирæт йæ лæдзæг мæсты тылд ►бакодта: — Сымахæн абон ацы кæртмæ æрбацæугæ нæ уыди. Уый тыххæй æмæ уæ бирæ мæстытæ зонæм, уагæры ма нæ сыхæгтæ куынæ уаиккат... Уæртæ уæм абон нæ лæгты хуыздæры барвы- стам æмæ йын капеччы аргъ дæр не скодтат. Кузьмайы та мæрд- тæ æнæ сымах æрбацыдæй дæр сæхимæ айсдзьгсты, уæ цæссыг ыл куынæ æрæппардзыстут, мыййаг. Фæлтау уæртæ уæ трибу- нæмæ схизут, ныртæккæ йæ ууылты хæсдзысты. Раст нæ зæгъ- ын, мæ сыхæгтæ?.. « Дзирæт фæстæмæ, махырдæм разылд, дзуапп ьгн ничи радта ,æмæ уæд къуылых-къуылых йæ бынатмæ раздæхт, куыддæр Фаткайы хъусы цыдæр зæгъынмæ æргуыбыр кодта, афтæ ор- 32
ксстр æрцагъта «Калинкæ». Хъæлдзæг цагъд зианы уæ^хъус, ау уый та куыд? Фæлаз цагъд иуиæг уысм йеддæмæ нæ ахаста æмæ уæд Ваеилий цыдæр сæрыстыр хуызæй адæмыл афæлгæ- сыди, йæ къухтæ хæрдмæ сдардта, ома хатыр мын бакæнут, зæгъгæ, мæнмæ та йæ цæст фæныкъуылдта. Инпæтæи пæ зопын, фæлæ йæ æз бамбæрстоп: гуыбыр Василий Бадуры ахæм уавæ- ры кæй федта, къæйных Дзирæт Бæстыбичъы адæмы раз кæй фæхудинаг кодта, ууыл цин кæпы, æндæраз æм 7 иоябры фæ- хæрам. Хъуамæ уыцы бон нæ горæты фæллойгæнджыты дсмон- страци фепынмæ æрцыдаид партийы обкомы секретарьтæй иу, Бадур æй рагацау зыдта æмæ горæххæсткомы сæрдар Бечырæн бабар кодта Дзæуджыхъæуæй æфсæддои хайы оркестр æрхо- пын, уадз æмæ н^ш бæрæгбонхуыз æ^æ цардхуыз скæна иæ гыццыл горæты, алы аз дæр-пу афтæ уыд, уымæи дзы сæ хи- цауадæй зонгæ ис, йæхæдæг дæр æрцæуы, стæй уый фæстæ цъæх нæууыл бадынмæ ацæуынц. Уыцы бон цалдæр сахаты ма хъуы- дис бæрæгбон райдайыпмæ, сæйраг уынджы иуæй-иу куыстуæт- тæ сæ лæууæн бынæттæм сырх траиепоранттæ æмæ партийы Цептрои Комитсты уæнгты стыр портреттæ ластой, афтæ æф- сæддон хайæ Бечырмæ йæ хæлар æнæхъуаджы хабар æр- дзырдта: «Фæдисы иæ сыстыи кодтой, пæ бон уæм ныццæуын нæ бауыдзæн, хатыр ныи бакæнут»... Бечыры быи дон бацыд, фыццаг хатт, æвæццæгæп, Бадуры фæдзæхст нæ сæххæст кæн- дзæн, уымæи уæвæи нæй æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд гуыбыр Василий, æдзух æм, йæ хæетоп хæрзиуджытæ пæ риуыл ба- кæнгæйæ, афтæмæй хæдзаргур чи фæцалх, уыцы лæг, зианты музыкацт. Æппыннæйы бæсты цы кæныпц, обкомы секретарь сæ куынпæ уына, афтæ сæ сбадын кæидзæп, зæрдæ сын бавæр- дзæн нозт æмæ æхцайæ. Йæ кусæджы йæм арвыета, æфсæнвæпдаджы чъылдыммæ зæронд хæдзæртты цæры Василий, демæ-иу æй ралас, зæгъгæ, йыи пыффæдзæхста. Иæ йып сразы ис Ваеилнй, афтæмæй та æртæ сахаты йеддæмæ нал хъуыд дсмонстраци райдайыпмæ. Æмæ йæм уæд Бечыр йæхæдæг ныццыд, фæлæ уымæп дæр не ’сразы, цы, дам, мын æрхастон ацы советон бæрæгбæттæ, æгæр- мæгуыр, ыæ зæропд цы уавæрмæ æрцыд, уый уыныс, мæ мæлæ- ты размæ мæ иуиæг ног хæдзарæй омопд пæй, уæлмæрдмæ мæ мæпæ ацы скъæтæй ахæсдзысты, фæлтау зпапты цæгъддзыпæп, цииы цæгъдтытæ æндæр исчи кæпæд. Гæпæп иал уыд Бечырæн æмæ йæ катай Бадурæп загъта, уый йæм Хангуассæйы арвыста, демæ йæ æпæ ’рласгæ ма фæу, пыхасæп мæ хъæуы. Фыццаг хатт бацагуырдта партины рапком хæсты встсраиы йæхимæ, уæлдай- дæр фыццаг сскрстарь нæхæдæг... Адæм бæрæгбоны уыпгæй ахæлпу сты, фæлладуадзæи пар- 3 Мах дуг № 5—6 33
чы ма лæппутæ æмæ чызджыты къорд уырыссаг фæндырдэæгъ- дæджы алыварс æртымбыл сты, гуыбыр Василий æмæ йæ зæ- ронд æмбæлттæ та трибунæйы бын бадгæйæ баззадысты. Бадур» ын зæрдæ бавæрдта, ма-иу фезмагл дæ бынатæй, æз дын дæ цу- ры горæххæсткомы сæрдар Бечырæн зæгъдзынæн æмæ дын, æп- пæты фыццаг арæзт чи фæуа, уыцы хæдзары бынат скæндзæн. Бадур зынæг иæ фæци, уый бæсты сæм рацыдысты Бечыр æмæ- Хангуассæ, Бадуры номæй хатыр ракуырдтой, горæтаг уазæ- джы, дам, не ’вдæлд, æмæ йæ уæртæ аэропорты рестораны уыл- ты афæндараст кодта, æцæг, дам, уын мæнæ хуын — дыууæ водкæйы авджы æмæ æхца. Йæ маст бамбæхста уæд Василий, райкомы фарсмæ кафе «Дидинæджы» кæрты курага бæлæсты бын йæ уæззау барабан дæлгоммæ æрфæлдæхта, водкæйы æвг- тæ уым æртъæпп кодтой, уайтагъд сæ фарсмæ фæзындысты зноны фых фыдджынтæ, хъæдындзы пуцал, цæхх... Кæрты адæм иууылдæр, зианы цурмæ кæй не ’рбауагътой,. уыдонмæ кастысты. Уыдон уыцы æнæдзургæйæ иуварс къулыр- дæм балæууыдысты. Дрис цы ахъуыды кодта, Хуыцау йæ зонæгг фæлæ се ’хсæнæй ралæгæрста, Уырызмæгыл йæ къухтæ стылдта, сæ ныхас мæм нæ хъуысыд. Мæ редактор йæ сæр радав-бадав куы систа, уæд æй бамбæрстон: мæн агуры. Æрæджиау мыл йæ цæст æрхæцыд, йæ амонæн æнгуылдзæй мæм йæхимæ басидт. Арфæйы ныхæстæ йæ дæлæвзаг нæ рауай-бауай кæнынц, уый йæ цæстæнгасæй бæрæг у, уæд комкоммæ фæкæсы адæймагмæ. — Цы бакуыстат, уый? Бадур æй цæмæй хъуса, ууыл архайдта. Æз ын дзуапп æрæг- мæ куы лæвæрдтон, уæд та фæразæй: — Цал коммунисты цæры ацы кæрты? Цы зæгъыимæ хъавы, уый бамбæрстон æмæ йын йæ фарстæн фарстæй дзуапп радтон: — Æмæ коммунисттæ загътой Дзирæтæн, размæ-иу рагæпп кæп, зæгъгæ?.. Сæхиуыл дзыхтæ нæ уыди? Бадур _мах сæрты арвгæронмæ нымдзаст, йæ цæстытæ тып- пырæй-тыппырдæр кæнынц, цъæхæй-цъæхдæр... Æртыккаг бон къуырисæры нæ редактормæ обкомы хайады сæргълæууæг Тотыр æрдзырдта, газеты, дам, Горбачевы раны- хас æнæмæнг цыбыртæй радтут, махæн та нæ газет — æрдæг- цæттæ, фæлæ гæнæн нæ уыд... Уыцы номыры æрмæджытæ кæ- сын мæ рад уыди, æмæ бафæстиат дæн суанг талынгтæм. Редак- цийы кæртæй куы рахызтæн, уæд райкомы агъуыстмæ æнæ фæ- кæсгæ нæ фæлæууыдтæн — Бадуры рудзгуытæй ма рухс калди, æнæуи ацафонтæм стæм хатт бафæстиат вæййы. Нæ кæрты сусхъæд бæласы бын лæгтæ иу-цалдæрæй бадтысты, эæгъын» 34
къулыл зылын хахх, нæ фыццаг секретарь кæдæй-уæдæй æна- фонтæм бафæстиат. — Кæд та мах кой кæныиц? — фæразæй ис Цæра. — Æмæ цы бæрæг ис? — базмæлыди йæ бынаты Уырызмæг, — Алчидæр ма уæ йæхи уыдоны быыаты авæрæд. Зианмæ бацу æмæ дæ тæфæрфæс ма бауадзæд. Уæллæй, æз уын зæгъын, æфсæйнаг нервытæ æмæ сын æндон фæрстæ разынд уыцы бон. Сæ масты фæдыл куы ацæуой, уæд та нын исты æрхъуыды кæн-' дзысты. Æз сæ ницæмæй тæрсын, æз мæ цард фæвæййыи, фæлæ мæгуыр мæ кæстæртæ сты... Уыцы ныхæстæ куыд загъта Уырызмæг, афтæ кæрты дуары хъинц фæцыд æмæ æрбахызт Дрис. Мæ сыхæгтæ иууылдæр ныхъхъус сты, Дрисмæ кæсынц исты сдзурыы æнхъæл. — Хорз не сты пæ хъуыддæгтæ... Афон дæр уыд исты зæгъынмæ. Милицæйы хицау æргом ны- хас кæнаг у, комкоммæ дзураг. Уыцы цалдæр ныхасы фаг кæй пе сты хъуыддаг сбæлвырд кæнынæн, уый махæй раздæр бамбæрста Дрис йæхæдæг. — Бюро нæм уыди райкомы, мæнæ нырма ныр рахæлиу стьь Уыыаффæ рахастой, пæ хæдзары æппæт коммунистты дæр рады бюромæ æрбахонын ныхасмæ. Уæ фарс рахæцыныл афæлвæрд- тон, зæгъын, ардæм сæ нæ хъæуы хонын, алы коммунист дæр кæм кусы, уыцы куыстуаты партион оргаиизацийæн бабар кæ- нæм æмæ сæ дзуапп бадомæд, кæд фæрæдыдысты, уæд. Устав, мæнмæ гæсгæ, афтæ амоны, мах нæхæдæг дæр нæхи кæрты пар- тион æмбырд сараздзыстæм, сымахæй дæр нæм исчи æрбацæ- уæд... Ацы ныхæстæ куы загътон, уæд мыл Дзылат йæхи ап- дзæрста, загъды бын мæ фæкодта, мах, дам, иартиоп организа- цитыл не ’ууæилæм, ардæм сын æнæ ’рбацæугæ нæй, нал, дам> цæуæм сымах кæртмæ. — Хуыцауы хатыр бакæн, Дрис,— смæсты ис Уырызмæг,— зæгъ ма мын, мæнæ ацы сахат мæ хъуыдыйы цы фæнд ис, уый ды зоныс? Цæмæй хæйрæг уыдыстæм мах, цæмæй йæ зыдтам, Дзирæты сæры цы фæкуыси уыдзæн, уый!? Дæхæдæг æй нæ уы- ыыс, цавæр сылгоймаг у, уый? Р1угæр сфæнд кодта, уæд æй ничи бауромдзæн. Зæххардыстæн, фыццаг хатт бахаудтæн ахæм уавæры, райкомы хицауадмæ афтæ бауæндгæ никуыма федтон æмæ цыдæрхуызон фæдæн, дарддæр цы куыстаин, уымæ нал арæхстæн... Фæлæ ма сын, Хуыцауы тыххæй, бамбарын кæн, сæхæдæг дæр бынтон раст не сты, зæгъгæ. Æз æм уыцы райсом мæнæ Цæлыккимæ бацыдтæн, йæ фыдæй хистæр уæддæр дæн æмæ мын мæ курдиатæн аргъ не скодта. Кузьма, рухсаг уæд, уырыссаг лæг уыди, фæлæ хæстæй сахъатæй ссыд, рухсаг ын 3* 35
куыннæ загътаиккам, æмæ нæ кусарт сусæгæй акодтам, сусæ-* гæй нæ сфыхтам, нæ нозт суары, афтид æвгтæй сусæгæй фæныз- > там... Куыд раст у уый? , Дрис уыцы изæр райкомы сæрыл рахæцыны охыл иу ныхас дæр пал загъта. Сусхъæд бæласы сыфтæрты зыр-зыр тынгдæр кодта, мæйы рухс æнæуынæрæй лæдæрст ,нæ цæсгæмттыл, не’ ’уæхсчытыл, суанг зæхмæ дæр æрхъардта. Алчидæр нæ йæхи хъуыдыты ацыд. Æпæхайыры бюро кæд уыдзæн, уый’ æз йæ боны базыдтоп. Нæ бæрнон секретары уаты дуар æрдæгзыхъыр уыд æмæ мæм уырдыгæй дзæбæх хъуысыд редакторы бæзджыи хъæлæс: . — Изæры нæм бюро ис. Цæлыччы сыхæгтæ æрæджы рай- комы секретарьты адæмы цæсты кæй бафтыдтой, уый тыххæй сæм уырдæм сидынц. Æз бюройы проект мемæ райсдзынæн, 1 æмæ дæ кæд ам æрбаййафон, уæд æп ратдзынæп, кæд дæ не ’рбаййафон, уæд æй ме стъолыл ссардзынæ. Иннæбоны нбмыр- №& дзы æрмæг скæн, иу сæдæ фæндзай рæпхъы бæрц.’Мæхи та райсом мæ баргонд фермæмæ цæуын хъæуы. Æхсыр дæлæмæ- дæлæыæ хауы, æвæццæгæн, та хъуццытæн цæхæра фаг нал дæт- тынц. Æдзух сæ уæлхъус куынæ лæууай, уæд афтæ вæййы... Дыккаг бон райсомæй редакцпйы къæсæрæй мæнæй раздæр ничй бахызт. Редактор нæ бæрнон секретарæн куыддæриддæр аæрдæ бавæрдта, афтæ рауад — зноны бюройы уынаффæ йе стъолы бæстастæу инпæ гæххæтты^ сæр уæлгоммæ фæлдæхтæй мæнмæ æнхъæлмæ каст. Мемæ йæ раскъæфтон: хъуамæ йæ ин- нæты æрбацыдмæ рамыхуыр кæноп... Уæдæй нырмæ ме стъолы бинаг лагъзы æвæрдæй лæууыд, искуы мæ, зæгъын, куы бахъæуа, æмæ уынут, бæгуыдæр мæ ба- хъуыд мæнæ ацы уацмыс фысгæйæ, куыддæриддæр у, афтæмæй дзы пайда кæиын: ПРОЕКТ ПОСТАНОВЛЕНИЯ БЮРО РАЙКОМА КПСС от 12 августа 198 года О ролп коммунистов в воспитательмой ра’боте среди трудящихся по месту их жительства в свете решений XXVII съезда КПСС (докл. Мепьшова X. Б.) Бюро райкома КПСС отмсчает, что абсолютное большинство коммупйстов рапона, вдохповлениые^ решениями XXVII съезда нашен славной Коммунистической партии, проводят большую Ьоспктательпую работу среди трудящихся. Для этого широко используются одобрениые партиен и про- веренные самой жизныо формы и методы. Это встречи в десяти-. 36
дворках, лекции ’и доклады, индивидуальные беседы, на конк- ретных примерах и фактах раскрывается величие идей и^шей партии и тём самым способствуют еще большему повышению его непререкаемого авторитета, в том числе авторитета члепов аппарата райкома КПСС и особенно вожаков коммунистов района. Однако этого ие скажешь о коммунистах, проживающих тв пятиэтажном доме № 73 по улице Крутая, которые, едва пере- шагнув порог своей квартиры, забывают о своих обязанйостях, вытекающих из содержателыюго доклада на съезде Тенераль- ного секретаря ЦК КПСС М. С. Горбачева по коммуиистиче- скому воспитаиию населения по месту своего жительс/гва. В результате этого жнльцы вышеуказанного дома, а заодно, и коммунистЫ перестали выполнять прииимаемые партийпыми органами решения. Так еще в прошлом году, н&смотря на по- стаповления бюро обкома и рай-кома КПСС об искоренении вредных осетипских обычаев и обрядов, здесь во дворе дома продолжали забивать крупнорогаткй скот, организовывать мас- совые застолья, громкогласно произносить тосты с обращспием к самому’ Богу, благоуетраизают сарай и т. д. Здесь не заметили, как на глазах спился ветеран войны, за- служеиный человек Кузьма Щипачев, иа недавиих похоронах ’ которого коммунисты дома’ № 73 ке смогли предотвратить на виду у всех проявления неуважения к члепам бюро райкома КПСС и лично первому секретарю. - . Спова особо «от^ичился» коммунист, руководитель одного из самых круппых строительных организаций Цара Тавитов, который на глазах многих -соседей оскорбил честь и достоин- ство Тугана Бураева/тоже ветерапа, участника художественной самодеятелы-юсти...»1 Мæнæ ацы ранмæ куыддæр æрхæццæ дæп, афтæ мæ сæры- - хъуынтæ арц сбадтысты; мæнæ, зæгъып, диссаг, царциаты дис- саг, Цæрайы аххосджыд цæмæй кæпыпц, уым мисхал дæр пи- цæмæй йххосджын у. Тугъаи йæхæдæг равдыста хъæппæрпсдзи- над, æзын мæхæдæг уыдтæн æвдисæн. Абопы хуызæп ма мæ цæстытыл уайы пæ сыхы лæгтæй иу-цалдæрæй фæсспхор сус- хъæд бæласы сатæджы куыд рабадтысты, уый, мæ хъусты ма зæльшц сæ пыхæстæ. . 4 Уырызмæг: — Адæммæ куы айхъусай, уæд æндæр куы ни- цыуал дзурыиц, уæртæ, дам, Заманхъулы дæспы нозты п)ыхмæ дæр хос ары, зæгъгæ. Уæд ацы лæгмæ цæмæ кæсæм, иу бон нæ- хицæн сзын кæнæм æмæ йæ мæиæ Цæлыччы «Жигули»-йы бас- къæфæм... ’ •Уырызмæг гæдыбæласырдæм йæ сæрæй ацамь^дта æмæ йæ^ 37
иууылдæр бамбæрстам: Кузьмайæ зæгъы, уæд ма уый дзæбæх уыди. Цæра: — Уæллæй, уый æз дæр фехъуыстон. Абон райсом мæм нæ секретарь æрбацыд рæвдз, дам, иæ партион æмбырд скæнын хъæуы. Цæмæн, зæгъгæ, фæдис кодтон, нырма нæм ахæм æмбырд дыууæ æви æртæ боны размæ уыди. Зæгъын, цы хабар у, цы ’рцыди. Æмæ, дам, иæ коммунисттæй иуы йæ ус уæртæ Замапхъулы дæснымæ фæласы. Райкомæй йæ исчи куы базона, уæд нын иæхи бафхæрдзысты. Нæ йын сразы дæн, зæгъын, æз уал йемæ аиыхас кæнон, стæй дын дзуапп ратдзынæн. Расыг- гæнаг у уыцы коммунист, иугæр арахъы хъæстæ фæци, зæгъгæ, уæд къуырнгæйттæ куысты иал вæййы. Цы уып æй сусæг кæнон: æз фæбузныг дæн уыцы усæй, уадз æмæ сдзæбæх кæна йæ лæ- джы, æнæуи та йын сызгъæрин къухтæ ис... Æз дæр сæм мæ ныхас баппæрстон: — Цæра, скæиут ма æмбырд æмæ йæм мах дæр æрхонут. Замманай ног æрмæг уаид пæ газетæн... — Мæнæ диссæгтæ! — йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл авæрд- та Цæра,— æнæуи дæр дзырдамонд дæн, ды та ма мæ Дзылаты дзыхы æфтауыс?! Уæд æппындæр ме ’рагъæй нал рахиздзæн... — Уæдæмæ цы бакæпай, Цæлыкк, уый дыи зæгъон? — ин- нæты разæй та фæцис Уырызмæг,— мæнæ цалынмæ Фатка æгас у, уæдмæ ма пын йæ къуымæлы рецепт лæмбынæг иыффысс æмæ йæ газеты раскъæр, кæннод цалынмæ райком нæ сыхаг уа, уæдмæ арахъ дæр ма чи уадздзæние ам, къуымæл уæддæр нуазиккам, фæлæ уый фыцын иæ сылгоймæгтæ зыбыты рох фæ- кодтой... Нæма фæци Уырызмæг йæ пыстуан дзырд, афтæ кæрты дуа- рыл æрбахызт фаллагсыхаг Тугъан, ирон цухъатæ æмæ йыл бухархуд, бæрзонд, хæрзконд, рагæй архайы хихъæппæриса- дон къордты, ныр та зæрæдтæй арæзт апсамблы кафы... «Адæм се ’ппæт куы базæронд уой, уæддæр ацы Тугъанæн зæронд кæнынæй тас нæу» — арæх дзы фæзæгъыпц, хорз æй чи зоны, уыцы адæм. Мах сусхъæд бæласы бып куы ауыдта Тугъан, уæд йæ мид- былхудт ранхæлд, цалыпмæ пæ цурмæ цыдис, уæдмæ йын уæрæхæй уæрæхдæр кодта. — Кæмдæр та фæразоз ис нæ хæлар дæлæсыхаг,— куыппæ йæ фехъуса, афтæ сдзырдта Уырызмæг.— Афтæ ма-иу æм кæ- сут, цымæ та ныртæккæ йæхицæй иæ раппæлид. Заманхъулы ^дæсны цымæ амæн ницы баххуыс кæнид? Цалдæр саичъехы скæИын ма хъуыд мах цурмæ Тугъаны, афтæ йæ цымыдис хуызы афарста Цæра: — Дæ хорзæхæй, Тугъан, ахæм рæсугъд цухъатæ дыи чи бахуыдта? 38
Уагæр цавæр тых разынд уыцы фарстайы? Йæ мидбынаты . сагъдауæй баззад, æцæг йæ цæсгом тынгдæр ныррухси. Иу уысм алæууыд афтæмæй, стæй цæхгæр фæзылд æмæ заз бæла- сы фарсмæ цъæх кæрдæджы уæлгоммæ æрхуыссыди, йæ даргъ цæнгтæ æвзистсæр хъамайы сæрмæ — дзуарæвæрд. Махæн уый æнæнхъæлæджы у’ыди, куы нæ кæрæдзимæ ба- кæсæм, куы та Тугъаимæ. Уый йæ сæрыл ехæцыд, йæ цæсты- тæ ныл ахаста: — Цæра, рацу ма феи, искуы куы амæлон, уæд ацы дзау- мæтты чырыны фидаудзынæн? Уый та иын бынтон æнæнхъæлæджы разыпд, кæрæдзимæ та бакастыстæм æмæ æмхуызонæй дæр ныххудтыстæм. Цæра йæ сæр батылдта, худгæ-худып сыстад, йæ къухтæ йæ сины сæр- мæ кæрæдзиуыл авæрдта æмæ Тугъаны алыварс уыцы хъуыд- дагхуызæй æрзылди, йæ уæлхъус æрлæууыди æмæ йып зæр- диагæй загъта: — Ард дын хæрын, Тугъан, дæуæй рæсугъддæр чи сфидауа чырыны, ахæм адæймаг Ирыстоны нæма райгуырд!.. Иуæй-иуты къæхтæ æппындæр хъæр нæ кæнынц. Тугъаны ус Вариса сæ уæлхъус алæууыд, Цæрамæ фæлæбурдта: — Æмæ дæуæн исчи хынджылæггаг у? Хынджылæгмæ дæ- хи зазропд фæцæуæд! Æви дæм райкоммæ рагæй нал бадзырд- той?!. Фæхæцыд йæ лæджы дысыл æмæ йæ ласæгау акодта йæ фæстæ. «Бюро райкома КПСС п о с т а н о в л я е т: 1. Обязать секретарей первичиых партийных организаций обсудить данное постановлеиие на закрытых партийных собра- ниях, разработать и утвердить конкретные мероприятия по ко- ренному улучшепию участия всех коммунистов в воспитатель- пой работе среди трудящихся по их месту жительства. 2. Отделу пропаганды и агитации ранкома КПСС (зав. Лес- кеиеву) совместно с обществом «Знание» разработать цпкл лек- ций и бесед, рассказывающие об авторитете среди пародных масс иашей родной Коммунистической партии, его руководите- лен от ЦК до сельского и городского райкомов и организовать постояпно действующий лекторий по месту жительства насе- ления. 3. За неудовлетворительиое участие в воспитательной рабо- те среди трудящихся по месту своего жительства, а также за действия, несовместимые со званием члена ленинской партии, 39
объявить строгий выговор с занесением в учетную картбчку Ц. Тавитову. Отделу промышленности и строительства райкома КПСС (зав. т. Тющенко) в кратчайший срок укрепить руковод- ■ство городской строителыюй оргапизации...» Редакцимæ æрбацæуæны дуары тъизгæ хъыррыст куы ссыд, уæд ма мын æй цы базопын хъуыд: нæ бæрион’ секретарæй рсдакторы пыстуан нæ ферох. Æз гæххæтт фæстæмæ йæ бына- ты авæрдтоп æмæ мæ кусæн уатмæ мæхи айстон. Мæ дуар зы- хъырæй баззад æмæ мæм хорз хъуысыд, Бидзиан цы архайы, уый. Йæхи кусæп уаты дуарыл рахæцыд, фæлæ мидæмæ пæ бахьтзт, редакторы кл бппетмæ араст, уым чысыл афæстиат, стæй йæ къуылых къахы сырт-сырт хæстæгдæр куы кодта, уæд æй бамбæретоп: мæпмæ цæуы. Иæ сæр дуарæй æрбадардта, чысыл раздæр мæ къухы цьг гæххæтт уыд, уый йæм. — Загътон, мæнæй раздæр абоп ничи фæуыдзæн. Дæ иу мипæуæгæй дæ базыдтоп: иугæр ам дæ, уæд дæ дуар зыхъыр ва^йпы. Ды та цæуыл батагъд кодтай, абон фыццаг фарс дæ бæрны куы пæ у? Куы йæ зыдтаид мæсш дæн, уый, уæд дуар йæхæдæг ин- нæрдытæй æрбахгæдтаид, мæ цæстытыл, æвæццæгæн, мæ зæр- дæйы уаг бæрæг нæ уыди. За:гъын, ме ’феин мæ нæхицæй ратардта. Бндзиан йæхæдæг дæр хъазæп пыхасгæпаг у, хатгай йын нæ фæрæетмæ вæййынц, æрыгон чызджытæ дæр ый йе ’нæууылд пыхæстæй стыхсынц. — Кæд дысоп хъарм сыптæджы йæ зæрдæхудты бацыдтæ,. уæд дын тынг раст бакодта,— зæрдиагæй бахудти,— сылгой- мэзгтæп сæхи загъдау, уыцы иупæг бæрнон хæс ис ныртæккæйы нæлгопмæгтыл æмæ уый дæр адæмымыккаг не ’ххæст кæнынц. Уыцы ныхæстæм æз дæр æпæ бахудгæ пæ фæлæууыдтæн. — Уый хорз у, фæлæ та ай уæ хæдзар куы фесгуыхти,— уыцы æнæхайыры партпоп документ батылдта Бидзиан.— Афтæ куы зæгъынц, Цæра, дам, зæронд лæгæй фæхыпджылæг кодта... — Цæра уым пнцы аххосджып у, Тугъап уыди йæхæдæг амидипгæнæг. Æз мæ бынатæй сыстадтæн, мæхп Бидзиапмæ хæстæгдæр байстон: — Ма пæ бацалтæ кæн мыхуырмæ... Гæды ныхæстæ дзы бирæ ис. — Цытæ дзурыс, Цæлыкк? — пыддис кодта, уып.— Нæ хи- цауæн мæ æнæ кардæй æргæвдып кæныс?! Стæй ма мæнæ кæс ацы гæххæтты цы фыст ис, уымæ. Мæпæ, мæпæ æппæты фæс- тæ... «Обязать рсдакцшо рапоппой газеты опублпковать дашюе 40
гюстановление в одном из ближайших иомеров в назидаиие, другпм». Федтай!.. Уæдæмæ дын æз æндæр фæнд амонын: спай- да кæн газеты куысты зæронд мадзæлттæн. Лцы æрмæг мы- хуыры рацæудзæн, уымæи æмæ йын æнæ рацæугæ иæй, фæлæ ды бавдæл, Тугъанæп пыллæгъстæ кæн, кæд иугæр Цæрайыл афтæ тыхсыс, уæд æмæ йын газетмæ пыффыссын кæп, мæхи аххос уыди, зæгъгæ, кæд йæхæдæг фьиссын нæ комы, уæд та ды дæхæдæг ныффыс йæ бæсты, уый та дзы йæ къух æрæвæ- рæд. Редакторимæ дæр нæ бон хъæбæрæй дзурын уыдзæп, куы пæ пæ хъав’а ныммыхуыр кæиын, уæд. Стæй уæд райкомы бю- ройы раз фарста æрæвæрдзыстæм дæ сыхагæн йæ карз æфхæрд кæиæ быптоп аивæд, кæпнод та йæ лæмæгъдæр фæкæнæд... Æз Бидзиаиы уынаффæйыл сразы дæн æмæ фæсснхор Ту- гъапмæ сæхимæ телефоиæй бадзырдтон, фæлæ уый хæдзары нæ разынд, чысыл раздæр, дам, уыпгмæ ахызт, дæлæ та Науы- ры фыййæуттæм коицерт ласынвæнд кæпынц. Уый мып йæ чызг загъта; уып систа телефопы хæтæл æмæ куыддæр фосхпзæнты кой скодта, афтæ мæнæп та фароиы рагуалдзæг ауад мæ цæс- тытыл. Уæд дæр зæрæдты кафджытæ æмæ зарджыты къорд фыййæуттæм уыди къуырпйы балцы, хорз сын фæкафыдысты æмæ фæзарыдысты æмæ сып уыдон кусарты уæлхъус арфæпы иыхæсты фæстæ фæйпæ уæрыччы балæвар кодтоп. Тугъап куы раздæхт, уæд æд уæрыкк сæхи кæртмæ мах кæртыл цыди, уыцы .сæрыстыр æмæ, мидбылхудгæйæ, уалынмæ йæм, хæтæп чи си- ста, уыцы гыццыл чызг ратахт, уый дæр йæ хъæбысы фелвæста Тугъаи, дыууæ хæдзары цæрджытæ иууылдæр уыдопмæ касты- сты. Æц’æг сæм бирæ пæ фæцис науыраг уæрыкк. Ну рапсом дæллаг кæртмæ Тугъапы чызджы цъæххахстмæ фæфæлнс стæм. Цыгшæрæм уæладзыджы сæ балкъопы дуар гомæй баззад, уæ- рыкк уырдæм раирвæзт, бапдонмæ схызт, бандопæн та цæхгæр- мæ фæйпæгыл къоппы æзæрд дидипджытæм сивæзта йæхи, æгæр ып фгсци æмæ кæрты дурхъазбæр къахвæпдагмæ рахауд, пæ къæхтæ асасгысты... Дуаргароп хæстæгдæр цы бандоп уыдпс, ууыл мæхн æруагъ- тон, мæхинымæр, кæд мæ Тугъап йæхæдæг фепа, уæд æм маз къухæй ацамоидзынæп. Мæпырдæм æрæгмæ куы кастис, уæд мæ цурты цы гыццыл лæппу фæцæйцыд, уый баурæдтои: — Сценæмæ сызгъор æмæ уæлæ уыцы бæрзопд кафæджы хъусы бадзур, дæлæ дæ, зæгъ, дуары цур чидæр агуры... Лæппу йæм нæма бахæццæ нс, афтæ мæ Тугъап нæхæдæг ауыдта. Цалыпма* мæ цурмæ цыдпс, уæдмæ æз иу быпат фалдæр- бабадтæп, фæлæ Тугъап бадыпыл пс сразы: 41
— Ныртæккæ мæ рад у кафыи. Цыдæр хонæджы каст кæ- «ныс. Кузьмайы хистæй ма исты баззад? Иæ ныхасы хъæдæй йæ бамбæрстон: нæ йæ æвдæлы, бæс- тон ныхасæн фадат нæй æмæ йын уæд комкоммæ загътон. — Тугъан, дысон райкомы бюройы дæу тыххæй Цæрайы >бафхæрдтой, аххосджын нæу, афтæмæй... Тугъан мæ иыхæстыл нæ бадис кодта, æцæг йæ куырæты дыстæ мидæмæ фæлдахынмæ фæцис, цыма кусарт кæнынмæ цыд. — Мæнæ мын æй чысыл раздæр дзырдтой, фæлæ мæ бон циу? Кæд райком уыпаффæ рахаста, уæд ын Хуыцауы бон дæр ницыуэл суыдзæн. — Суыдзæп, ды махмæ газетмæ ныффысс æцæгæй куыд уыди, уый, стæй фендзыстæм. — Мæ цæргæбонты писмо дæр никуы ныффыстоы, фæлæ хъаймæт уый мидæг ис æмæ йæ хъуыды пал кæнын уыцы бон цы ’рцыдис, уый. Дæлæ Зилгæйы концерты фæстæ сæ партион хицау ныцъцъæх, афтæмæй уæ нæ ауадздзынæп, фæйнæ куыиæ баназат, уæд, зæгъгæ. Фæйнæ циу, фæйнæ фондз цайцымæны дзы ныццавтам уыцы тæвды замманай къуыдайраг хорз арахъ- æй. Цалынмæ кæхимæ хæццæ кодтам, уæдмæ нæ бумбулитæ стахтысты. Куыд цыдтæн уæ кæртыл, цы куыстон — нал сæ зонын. Уыцы хъуыды фæкодтон дьгккаг бон дæр, фæлæ ницы æрхъуыды кодтон. Ме ’фсии райкоммæ хъæстмæ бацыд, уый дæр æрæджиау базыдтон... Не сразы мæ фæндыл Тугъан. Æз мæ хъаст Уырызмæгæн загътои, уый та дыккаг бон Дзи- рæты Тугъаны усмæ нырвыста, пыллæгъстæ йын кæн æмæ фæс- тæмæ йæ хъаст райса, фæлæ йын уый алывыдтæ акалдта, аф- тæмæй æнæ ницæмæй фæстæмæ раздæхти нæ мипæвар, фæлæ уымæй дæр ницы аирвæздзæн, бартхъирæн æм кодта, мах, дам, уын мæнæ нæ кæртытыл фæпдаг æрæхгæндзыстæм æмæ-иу уæд дæрдтыл зилут, зæгъгæ. Уырызмæг уымæй йæ бон куы базыдта, уæд та, иухатт фыццаг бюройы Цæрайы йæ сæгъы тыххæй карз- дæр æфхæрдæй чи бахъахъæдта, уыцы дзæбæх зæронд лæгмæ, Бадуры æрвадмæ, ацыд. Хуыцауæй курæгау дзы куырдта æх- хуыс, фæлæ уый дæр ие сразы, нæ, дам, хæссын ме ’фсымæрæй мæ ныфс, хъуыддаг куыиæ сараза, уæд мын тынг хъыг уыдзæн, фæлтау ыл дæлæ Мæскуымæ ныффыссут, æнæуи дæр Ирысто- нæй уырдæм бирæ хъæстытæ цæуы, уадз æмæ ма иу фылдæр фæуой. Куы раздæхт Уырызмæг, уæд кæрты, Цæрайæн неппæ- ты цур бауайдзæф кодта, иухатт, дам, бæргæ загътай уыцы .зæронд лæджы тыххæй сæгъ аргæвддзынæн æмæ йæ нæ кæрт- 42
мæ æрхондзынæн, зæгъгæ, æмæ кæсыс, абон-райсом фæкодтай. язмæ дын æй Хуыцау нæ ныббарста, æндæра сразы уыдаид Бадурмæ бацæуыныл, фæлæ нын фæнд та хорз фæнд бацамыд- та: нæ хъаст Мæскуымæ арвитæм. Цæра йæ ской дæр не суагъ- та, Нæ писмо, дам, Партийы Центрон Комитеты кусджытæ æп- пынкъаддæр мæйы бæрц сæхимæ фæдардзысты, стæй бавдæл- дзысты æмæ йæ, мæнæ махмæ хицауиуæг кæнынмæ кæй сæр- выстой уырдыгæй, иу ахæм нæхимæ нал уыд, уымæ фæстæмæ -сæрвитдзысты, уым дæр та уый бæрц рæстæг фæлæудзæп æмæ йæ уæд, мах хъаст кæуыл кæнæм, уыцы Бадурмæ æрырвитдзы- сты æмæ ууыл дæ писмо фесæфт, фæлтау ныхъхъус уæм... Æмæ ньГхъхъус нæ кæрт, иыссабыр быитондæр, Хуыцауы æлгъыст райкомы æнæраст уынаффæйыл æнæдзургæйæ сразы ис, прон бæрæгбæттæ кæнгæ кодтой, фæлæ сусæгæй, кæрæдзийы фыццагау нал хуыдтой, алчидæр дуарæхгæдæй йæ чъпрнтæ йæхæдæг куывта, раст зæгъып хъæуы, уæдæй нырмæ пæм зиан нæма уыд, фæлæ Дрисæн сыхаг хъæуы йæ усы мад куы амард, уæд мæрддзыгой адæмы нæхи кæрты æмбырд кæпын райко- мæй нæ бауæндыд æмæ сын мемæ рацæут, зæгъгæ, культурæйы хæдзары тигъмæ загъта, уым автобусты сбадтысты. Уæдæй абонмæ нæ кæрты дуарæй хъæргæнæг нæма æрба- касти, нæ сыхæгтæй дæр никæуыл ма ницы æрцыд, æцæг чы- сыл ма бахъæуа, ма æрцæуа... Къуырисæрбонтæй иуы нæ кæртмæ æнæзонгæ сылгоймаг . фæдисы æрбахæццæ: — Уæртæ уын уæ сыхаг Грисайы чидæр йæ^гаражы æрдæг- мардæй ссардта. Гриса фæндзæм уæладзыджы цæры, базарадон кусæг у, пæ хæдзарæй иу æртæсæдæ метры фалейы та йын æфсæнвæнда- .джы цур стыр гараж ис. Уыцы афон кæрты чи уыд, уыдон уырдæм згъорынмæ фес- ты Уырызмæгæй фæстæмæ, уый та мæнмæ бадзырдта телефо- нæй, афтæ æмæ, дам, афтæ, æвзæр хабар æрцыд пæ кæрты. Æз мæ’ фыссын фæуагътон, иæ бæрнон секретарь къуылых Би- .дзиаи ма мæм фæстейы хъæр кодта, цæуæп дын нæп газеты • фыццаг фарс дæу аххосæй бафæстиат уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ куыд аздæхтаин, Уырызмæг цы ахъуыды кодтаид. Мæ бахæццæмæ Гриса гаражы бетоп пъолыл хуыссыд, Дзи- рæт æй хæрдмæ сисын иæ бауагъта, Дрис цалынмæ æрцæуа, уæдмæ, милицæ йæ сæхи цæстытæй хъуамæ фенон, йæ сæры туг калд, машинæйы цалхы бынмæ банхъæвзт, дзæгъæл æппæрст дзæбуг дæр дзы сахуырст. Æнæзонгæ фыдгæнæг хорз фæци Грисайы «Жигули»-йæн дæр: йæ æвгтæ разæй дæр æмæ фæс- ■тейы дæр зыбыты пырх, дуæрттæ æмæ капот дæр — цъæлтæ. 43
Дрис йæхæдæг æрхæццæ иу æрыгон лейтенантимæ, Гриса- йæн пæ сæрыл схæцыд, ам цы хабар æрцыди, зæгъгæ, йæ фар- ста, фæлæ уый дзурын хъом нæ ,'уыд, йæ цæстыхаутæ æгæр суæззау сты, иæ йæм ракаст, æмæ йæ уæд рыпчындонмæ ар- выста. Нæ сыхæгтæй дæр хабарæн ничи иицы зыдта, Грисайæн та йæхи бинонтæ балцы уыдысты: йæ ус хъазахъаг у æмæ альг ацафон дæр йæ цæгатмæ ацæуы йæ сывæллæттимæ. Дрис æм тел ныццæвып кодта. Хабар цалдæр боны фæстæ сбæрæг ис.Йæ ус æмæ йæ сы- вæллæттæ хæдтæхæджы куы атахтысты, уæд фæстæмæ горæт- мæ раздæхт Гриса æмæ уынджы амбæлд’йæ сусæг уарзæттæй иуыл. «Жигули»-йæм баурæдта, иæ фарсмæ йæ сбадын кодта, йæ фæпд ын загъта: — Цом, гаражы нæ рæстæг арвитæм, хуыздæр нын цы куыст ис, æлзух пып ахæм фадæттæ пæ уыдзæп... Æрцыдысты, фæлæ гаражы иозт нæ разьшд æмæ уæд Гриса сылгойм*агыл æддейы дуар ’ сæхгæдта: иыртæккæ фистæгæй йæхи дуканийæ сæнты хуыздæртæй æрхæсдзæн, дард цæуын æй пæ хъæуы, мыййаг,- ды уал машипæйы абад. Æвæццæгæп, фыдæмбæлæг йæ размæ фæцис: куыддæр ’дукаиийы ’дуар ба- кодта æмæ уæлвæйнæгмæ йæхи сийæзта, афтæ йæ хицау Дудта йæ уæлхъус алæууыд: — Горæтæй мæм зынаргъ уазджытæ ис, уæртæ сæ Терчы был дъæх’ иæууыл суазæг хъæуы, райкомы дыккаг секретарь Дзылат та сын хистæрæн баддзæп, иæ дыууæ ды та уырдыгы- стæг, нозты хуыздæртæ равзар... ’ «Нæ» зæгъын не сфæрæзта Гриса,4 суапг æмбисæхсæвтæм кæрдæгыл фæнызтой, сæхимæ куыд æрбаха^дта, йæ хицауы шофыр æй фабндзæм уæладзыгмæ йе ’ккопы куыд схаста, уый пыр дæр иæма æрхъуыды кодта, æд гæрзта? сынтæ^ыл бяхауд- та. Дыккаг бон куы æрчъицыдта, ’йæхй уазал допы куы нын- надта, уæд йæ^ хæзгул сылгоймаг йæ зæрдыл æрбалæууыд. Згъоргæ — уырдæм, куыддæр дуар бакодта*, афтæ ’йыл уып ’йæ сæрыл уæззау дзæбуг æруагъта. ,Размæ бахаудтэ Гриел, йæ сæры скъуыдæй туг фемæхсти... Йæ хъазахъаг ус! уайтагъд схæццæ: йæ лæджы хæзгулмæ балæбурдта, кæргвдзийы дзьжкутæ ныттыдтой, Дрпсы ардыдта, ’закъопмæ гæсгæ йæ бафхæр, тыххæй мын исы мæ ла1джы% со- ветон æпгом бинонтььцард халы, зæгъгæ, фæлæ Дрис та иннæр- дæм дзырдта, хъуыдадг ’лæгæп йæхи аххос .кодта æыæ уæд æрсабыр ус дæр... Ацы хабар пæ хæдзары цæрджытæп се ’ппæтæн дæр хъыг уыди, пу-цалдæр хатты фынгыл сæрмагонд сидты дæр загътой, æгайтма уæддæр Гриса афтæ æнцопæй аирвæзти, æвæццæгæн,, 44
пæ хæзгул сылгоймагæн йæ къухтæ зыр-зыр кодтой, æпдæра... Æцæг дыккаг хабары фæстæ та чи худгæ кодта, чи та ногæй тæригъæды ныхæстæ загъта. ; Уый та’ афтæ уыд. Сомихы зæххыикъуысты фæстæ ма зæхх , базмæлыд Гуырдзыстоны,Дагестаны, Цæцæиы. — Тагъд æй махмæ дæр хъæуы,— скатай сты иуæй-иутæ,— • хæстæгæй-хæстæгдæр нæм кæны. Иннæтæ та цъиувæдис сиетой: — Нæхи хъустæй йæ фехъуыстам телевизорæй, ’æртæ-цып- пар боны фæстæ та, дам, Ирыетоны уыдзæн... Нæ хæдзарыцыппæрæм уæладзыджы цæрæг Гасан йæ усы •баййардта, иу-цалдæр æхсæвы гаражы бахуысеæм’, ’зæххын- къуыст нæ ам ма æрыййафа, зæгъгæ, фæлæ йын уый не сразы æмæ уæд дæр йæхæдæг дыууæ бедрайы байдзаг кодта се ’мбæхст æхцатæ æмæ зынаргъ дзаумæттæй, æртæ хрусталои вазæйы, сæ хуылфы та сын цалдæр къухдарæйы, хъуссæджытæ æмæ сызгъæрии. уидгуытæ пыккалдта, мыййаг, исты, уæд нын уыдон уæддæр аирвæзой, науæд сæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ ’ хæлд хæдзары быи чи агурдзæн. Гасан æртæ æхсæвы’ фæд-фæ- дыл гаражы йæ «Жигули»-йы баззад, цыппæрæм æхсæв нал фæлæууыд, ахсæв та мæ рæсугъд усы фарсмæ ахуыссон, стæй та райсом ардæм, зæгъгæ, хæдзары баззад. Райсомæй раджы гаражмæ бæрæггæпæг рацыд æмæ... Гуы- дыртæ зæххы æппæрст, дуæрттæ æрдæгæхгæд. Цы ма йын æй бамбарыи хъуыд?! Машинæйæн фæтарет давынæй, фæлæ уый йæ бынаты уыд, æмæ’уæд дыууæ бедрайы бынатмæ фæком- коммæ: уым нал уыдысты. Давджытæ, æвæццæгæп, уыйас хъæздыгдзинад куы федтой, уæд Гасаны хæлддзаг æмæ æнæх- сад машинæйыл нал барвæссыдысты. Зæххыикъуысты фæдис хæрздзæгъæлы рауад, стæй нæм, Хуыцауы фæндæй, уæвгæ дæр никуы уыдзæн. • Фæлæ мæ дзæбæх сыхæгтæ стырæй чысылæй зæрдиагæй худгæ кæуыл фæкодтой, гуыбыпдихтæ цæуыл фесты, ахæм æх- сызгои хабар дæр пæм æрбайхъуыст. Уымгс куы бæлг1ыдыстæм! Кæдæй-уæдæп пге обкомы мæскуыйаг хицау йæ бынатæй феикъуысыд, æфсæнвæндаджы вагзалмæ йæм фæпдараст зæ- гъынмæ райоиы хицауад дæр лæгæвзæрстæй рацыдысты, æд хуынтге, йæ усæн та йын — дидпнджытæ. Къæсæры Уастыр- ,джийы тыххæй куыд нызтой, афтæ поезд æнæпхъæлæджы араст, æвæццæгæн, машинистæн ничи загъта, районы хицауад ам сты, уый, æндæра’афтæ пæ бауæндыдаид. Фæндарастзæгъджытæ скатай сты, тæхгæ тæхын зæхмæ — сæррæтт, сæхи мæт бакод- той Бадур, Дзылат æмæ Бечыр, сæ сылгоймаг æмбал сæ фæс- тейы ферох, уый дæр фехста зæхмæ йæхи, йæ цыргъ каблук - 45
тæвд асфальты ныффидар æмæ уæлгоммæ ахаудта Хангуассæ- йæ сырх къабайы, ныхъхъил, йæ мидæггаг дзаумæттæ иууыл- дæр разындысты, цы бирæ адæм дзы уыд вагзалы уыцы рæс- тæг, уыдонæн се ’ппæтæн дæр сæ «къам систа». Æцæг æй мæскуыйаг нал федта, рудзынгæй цы баисты,. зæгъгæ, йæ сæр дæр нал радардта æмæ йæ уыцы къæйных ма- шинист, дæлæ кæцæй нал сыздæха, ахæм ранмæ аласта... Уый уалдзæджы æмбисыл уыди. Уымæй дыууæ-æртæ боны фæстæ мæм Уырызмæг æрбадзырдта: — Æддæмæ ма ракæс, аххуыс мын кæн... Кæрты фаллаг къуымы Гасаны гаражы къулыл банцой код- та дыууæ рæхснаг талайы. — Заманхъулы хъæдæй мын сæ æрбаласта Цæрайы зонгæ цуанон,— бамбарын мын кодта Уырызмæг,— донхæрисы къа- лиутæй нæ гыццыл лæппутæн уасæнтæ кæндзыстæм, уадз æмæ цъиуты фæзмой, мæнæ æхсæрбæласæй та физонджытæн уæх- стытæ амайдзыстæм. Ныр нæ хъыгдарæг нал уыдзæн... Æз, хъæуæй мемæ кæй сластон, уыцы бел хæссынмæ атын- дзыдтон, ныртæккæ сæ ныссаддзыстæм. 1991 аз, кæфты мæй, хуыцаубон... Сихорыл нæ сыхæгты гыццыл лæппу Батрадз уынгæй æр« базгъордта, йæ хъоппæг цъæх цæстыты дис æмæ катай: — Уæртæ Цæра Бадуры трибунæйыл йæ сæгъы бабаста,. тырысатæ ауындзæн хъæдыл... Иæхæдæг райкомы æхсæвгæс Георимæ мæнæ «Дидинæг»-мæ бæгæны нуазынмæ фæцæуы. Ничи та йæм загъд кæндзæни? Базары уыди, æвæццæгæн Цæра, иннæ хуыцауæхсæв та сæ мыггаджы дзуары бон у. — Ничи, мæ къона, ничи. Ацу æмæ йын йæ бæттæн райхал æмæ йæ нæхи кæртмæ æрбалас. Мæнæ уал ын æй сусхъæд бæ- ласыл абæтдзынæ,— ныффæдзæхста йын Уырызмæг æмæ . цæ- уылдæр йæ урс сæр батылдта, хуры æрттиваг тынтæ дзы алыр- дæм згъæлдысты... 46
ХЪАЙТЫХЪТЫ ГЕОР ФÆНДАРАСТ Хур сау мигътæй ракаст,— Фæфылдæр мæ тых, «Фæндараст, фæндараст!» - Дзырдтой мæм нæ сых. «’Фыдбон, тухи ма зон Дæ уарзон зæххыл, Хорз баулæф абон Нæ денджызы был. Æмбалы, сыхаджы Рох ма кæ, ма, ды Дæ хъаруйы руаджы Цыфæнды зынты. /сгас чон изæрмæ Дæ фыстæгмæ ам Кæсдзыстæм æнхъæлмæ, Æрвит нæм салам... Нæ поезд уад размæ, Уыд адæмæй дзаг, Æрбадти мæ фарсмæ Нæхи хохбæстаг. Мæ къух дæр мын райста Нæ хистæр бæлццон, Æмæ мæ фæфарста: «Ды чи дæ, кæцон?» Мæнæн зæгъ дæ мыггаг Æмæ стæй дæ ном, Куыд цæуы дæ хъуыддаг, Цы ран и дæ ком? Дæу ныронг нæ зыдтон, Мæ зынаргъ кæстæр, Æмæ йын куы дзырдтон Цыбырæй æз дæр. Хорз байхъус, мæ хистæр, Бад мемæ æнцад, Кæн цин æмæ дис дæр,— У ахæм мæ цард. Йæ цуры циу аргъау, Кæнис цин, стæй дис! — Фæтахт рæстæг маргъау, Лæууæн ын кæм ис! ! Кæнын дæуæн сомы Мæ бæрзонд хæхтæй,—- Уæлладжыры комы Нæй ахæм хъæу, нæй! Сæрдыгон фæхъуысы Цæвæджы æхсидт Йæ хæхты хъæбысы, У ссадау йæ мит. Йæ тигътæ, йæ рæгътæ, йæ арф ком, йæ дон, Йæ зæйтæ гæрæхтæ Фæкæнынц тæвд бон. Йæ нард фосы дзугтæн Нæ вæййы кæрон, Йæ хæрæгыл сугтæ Фæхæссы хæххон. Йæ кадджын хæс фиды Нæ хæххон æмбал, Йæ уазæгмæ сиды: «Дæ фынгмæ æвнал!» Сыхагæн йæ къæбæр Нæ кæны æвгъдау. Æмæ йын йæ кæстæр Фæдæтты æгъдау. Чъындыйыл фæхуды: «Æфсæрмы нæ кæн»,— Фæфауы тæппуды: «Нæ бæззыс лæгæн!» Уыналы, Мызуры, Кысурты, Цъæйы, Зынцъары, Дыгуры Нымад лæг вæййы. 47
Йæ зынаргъ кæстæрæн Фæзæгъы: «Змæл цырд, У алкæм дæ сæрæн, Ирон лæджы фырт!» Мæхи дæр мын уарзта, Ды, дам, мæ хъуыдтæ, «Кæдæм цæуыс?» — фарста, Цы кусыс, куыд дæ?» Нæ уыд æнкъард мах бон, Куы хур каст, куы мæй. Мæхинымæр загътон: «Фæдзурон ыи, цæй! Дзæбæх хъус, мæ хæлар, Зæгъон дын æз дæр. Куы баззад мæ хæдзар Нæ фæстæ кæмдæр. Мæнæн уартæ Ход у Мæ райгуырæп хъæу, Йæ урс хох бæрзонд у,— Йæ арвæн быцæу. Мæ фыд уым дзывырæй Фæлдæхта йæ зæхх, Нæ дзы цард мæгуырæй, Хæрзхаст уыд йæ бæх. Мæ фыды — Хосдзауы Зыдтой хорз нæ хъæу, Уыди хæст æгъдауыл, Ныр дæр мæ рох иæу. Куы-иу цыд нæ рæзты Иæ бæхыл бæтццон, Зæдау уыд йæ цæсты, Уыдис ыи æнцон. «Æрбахпз»,— дзырдта йæм, Мæ дуар дын у гом, Бæлццоны пммайæм, Æрмæст сæгъ дæ иом. Зæгъ иоджы дæ мыггаг, Мæ хæсзæг кæд дæ, Цæудзæ:;ы пæ хъуыддаг, Нæ фьшг у цæттæ. Цы ’рæйнæфгай, уь’й дын Нæ кæньш хæлæг, «Цæр тли бирæ!» — спдып, Куыста’}, у бæрæг. Хæдзары, нæ кæрты, Нæ урс хæхты цур Нæ уарзон кæстæрты Рæвдауæд сæ хур. Фылдæр чи фæцарди, Цæрæнт уый бæрц ам, Иронмæ сын кад и, Мæнæй сын салам. Мæ мады фæмысын, Хæрзæгъдау уыди, Йæ фæлмæн хъæбысы Йæ хъæбул зындя. Рæвдз уыд мад æндахæй, Йæ пирæн зындис. Куы йæ байста махæй Æнæхатыр низ. Куы рæзти мæ коймæ, «Лæуу фидар!» — сзырдта Æмæ-иу куыроймæ Мæн арæх хуыдта. «Мæ лæппу, цы кæныс?» Куы кодта иыхас. Мæ гобан — йæ хъæбыс, Йæ цонг та — мæ баз. Дзырдта мын: «Хъус ардæм, Тагъд скъоламæ уай, Ды хъуамæ дæ мадæн, Дæ фыдæн ныфс уай. Суг асæтт мæ бæсты». Куы хъуысти йæ дзырд, Уæд-иу æз йæ рæзты Фæцæйуадтæн цырд. Нæ уыдтæн æнæмæт, Дзыцца кодта дис! Зындис æм мæ фæрæт Мæ къухæй, зындпс. Мæ фыды фыды ном Елбыздыхъо хуьшд, Куы уарзта нæ арф ком, Рæсугъдæй йæм зьшд. Иæ пчæвæгæй карста Нæ къуытты цъæх хос, Пæ мæкъуылтæ ласта, Нæрстысты йæ сЬос. 48
Мæнæн дæр-иу,загъта: «Дзæбуг ма мæм радт». Нæ бæхæн-иу сагъта Нæ кæрты цæфхад. Уыдта кусгæ хоты Сæ рæсугъд фæзы, Ныр дæр уартæ Ходы Йæ цыртæй кæсы Йæ хъæумæ, йæ фæотæм, Æрвылбон æнцад, Йæ хъæуы æгæстæн Кæны цыма кад. Фæидаггон йæ цуры Куы сисы йæ худ Æмæ йæм фæдзуры: «Нæ уыдтæ тæппуд. Æвдыстай лæджыхъæд Æмæ нæм ныр дæр Дæу хуызæттæ гуырæнт Нæ хæхты фылдæр!..» Мæ фыды фыдыфыд Хъæбатыр Мами Зынты рæзт, зынты цыд, Йæ кой ныр дæр и. Уый хъазты дæр федтой, Фыхт къабæзты туг, Куы-иу хаста йе ’ккой Нæ хæрæгау суг. Нæ хистæр кæстæрæн Фæкæны йæ кой: «Ды дæр у дæ сæрæн, Кæн уыйау фæллой. Хи ма ’вдис æвзæрæй, Уарз уыйау дæ хох, Æмæ уæд кæстæрæй Нæ уыдзынæ рох. Зон, арæх кæндзысты Нæ адæм дæ кой, Сæ балцы, сæ куысты, Кæмдæриддæр уой. Хылгæнджытæм хаста Кæддæриддæр фау, Йæ сыхæгты уарзта Фыртау уый, фыртау. Куы-иу загъта мадæн: «Хорз баулæф ды!» 4 Мах дуг № 5—6 Йæ хистæрæн бадæн Лæвæрдта куывды. Йæ сыхæгты уарзта Хо, мадау, фыртау, Хылгæнæгмæ хаста Кæмдæриддæр фау. «Нæ дæ сырд, лæг куы дæ, У дугъон дæ бæх, Æмбалæн йæ зынтæ Æмбар ды дзæбæх. Æрсæтт-иу йæ бæсты Йæ кæрты йæ суг. Æмæ хиз нæ фæзты Йæ нард фосы дзуг. Мыс ацы зынаргъ зæхх, Нæ къæдзæх, нæ ком»... Æз дæр мысын арæх Нæ фыдæлты ном. Цы ма уа æхсызгон Сæ койау мæнæн. Куы фестын æрыгон, Сæ кæстæр куы дæн. Цæмæн кæнон зивæг Мæ куыстмæ æз дæр, Куы вæййы хæдивæг Йæ фыдæн кæстæр. Мæ фыды ныхæстæ, Иæ ахсджиаг фæдзæхст Æдзухдæр йæ фæстæ Кæнын æз æххæст. Мæ фыд бирæ уарзта Йæ фыды кæддæр, Æмæ-иу æй фарста: «Циу хорз, циу æвзæр?» Йæ хистæры бæсты Куы карста уый хос. Нæ къулты, нæ фæзты, Æнтыстис ын хорз. Йæ куыстмæ-иу кодта Æдзухæй дæр тагъд. Йæ кæстæрæй домдта: «Æппын ма кæ загъд!» Рох ма кæ, дæ уарзон, Дæ цард æмæ хур Кæй цæры ам абон Нæ урс хæхты цур». 49 1992 аз
ТОКАТЫ АСÆХ СОФЯ Рагон хабар Ой, мæ инæлар фыд, мæ афицер æфсымæр, фæсмонгонд фæуат мæ тæригъæдæй!.. Софяйы зарæгæй. Стыр Арвы ком... Рагæй нырмæ адæмтæн зындгонд Дайраны хидæй дзæвгар мидæгдæр хæхтæ арвыл кæм баныхæстысты, уым Терчы рахиз фарсы æрфысым Сæнайы хъæу. Раджы дзы Ир æмæ Гуырдзы цардысты, хæлар æмæ кæрæдзийæн уарзон сыхæгтæй. Дардтой фос, цуан кодтой сырдджын хæхты, зылдысты Уæрæсейæ Гуыр- дзыстонмæ стыр фæпдагмæ, арæзтой хидтæ, фыдбылызтæй хъа- хъæдтой бæлццæтты. Уыцы хъæуы райгуырди, рахъомыл, рацарди æмæ лæгæй адæмы æхсæнмæ рацыди Слонаты Хъуыдæберды фырт Глаха. Уæрæсейы æфсады инæлар... Слоиаты инæлар Глахайы ном рæсугъд зарæджы баззади ироп адæмы æхсæн æмæ тæхы иу фæлтæрæй иинæмæ, æртти- ваг базыр æхсинæгау... Æмæ уый Глахайæн йæхи хъæбатырдзинад, йе йæ инæлары æрттиваг пъагæтты, кæнæ йæ дзуæрттæ æмæ майданты тыххæп баззади йæ пом ахæм рæсугъд зарæджы?.. Нæ-æ! Йæ ном раджы кæмæн ферох, ахæм хъæбатыр инæ- лæрттæ æмæ афицертæ дæр бирæ уыди ирон адæммæ. Ферох уыдаид Глахайы ном дæр. — Уæдæ цæй тыххæй баззади йæ пом ахæм рæсугъд за- рæджы? — Бафæрсдзæн исчи. — Йæ иупæг чызг Софяйы тыххæй. Уый раджы уыди, тынг раджы. Уæдæй нырмæ Терчы бирæ дон, бирæ туг аивылд. Уæдæй нырмæ адæмæй дæр бирæ фæл- тæртæ раивтой кæрæдзи. 50
* Уыди сæрдыгон асæст бон. Сæнайы хъæугæрон, Терчы ра~ хиз былыл иунæгæй лæууыди бæрзондгомау хæрзхуыз лæг. Тæккæ былгæрон, цъæх хъуыпайæ æмбæрзт къæдзæх-дурыл йæ галиу къах сæвæрдта, йæ рæмбыныкъæдз æруагъта йæ уæрагыл æмæ йæ пыхцыл сау æрфгуыты бынæй касти дæлæмæ. Бынæй ивылд Терк, йæ уылæптæ, тарст æрсыты æрдонгау, абухтой, сæхи хостой былгæроиы къæдзæхдуртыл. Лæгыл уыди тарморæ фæсмын цухъа. Йæ уæхсчытыл æрт- тывтой хæрдгæбыд пъагæттæ. Йæ бæрцагъудтыл æрзæбул сты паддзахы хæрзиуджытæ. Йæ сæрыл — сау уæлдзарм худ. Йæ астæуыл — æвзист рон æмæ хъама. Йæ къæхтыл сау сæракæй цырыхъытæ. Дардæй бакæсгæйæ афтæ зынди, цыма къæдзæх- дурты æхсæн уыцы дарæсты райгуырд æмæ схъомыл. Цыдаид ыл дæс æмæ ссæдз, фынддæс æмæ ссæдз азы, фæлæ йæ сау- лагъз цæсгомыл бæрæг уыди, уыцы кармæ цæуæнты чи ацыди, хæтæнты чи ахатти, ахæм фендджып лæджы хуыз. Æвæццæ- гæн, федта цинтæ дæр, зындзинæдтæ дæр, фæлæ ныртæккæ йæ тыхджын уæпгты ахастыл бæрæг уыди, фæллад, фæлмæцыд æмæ тыиг тыхст кæй у. Хаттæй-хатт-иу йæ уæхсчыты сæрты ракасти фæстæмæ, уæле, хъæуы астæуæй кæуын, æрдиаг цы хæдзарæй хъуысти, уыцырдæм. Иæ сæр-иу ныттылдта, йæ цæс- тытæ-иу асæрфта æмæ та-иу фæстæмæ разылди. Скасти-иу хæхтырдæм... Уæле, нæ тæккæ скомкоммæ, комы фаллаг фарс бæрзонд хохы саргъау æфцæгыл цы рагон аргъуан лæууы, Цминда Самеба, зæгъгæ, уыйырдæм. Уыцы аргъуаны раз æф- цæгыл йæ саби азты цъæх кæрдæгыл хъазыди фыййæуттимæ... Фæцæй йæ сайыпц сæ фæдыл йæ царды уалдзæджы æхсыз- гон мысипæгтæ. Фæлæ та йæ хъустæ ацахсыпц хъарæг æмæ æрдиаджы мыртæ. Фескъуыйыпц пæ æхсызгоп мысииæгтæ, сæмхæццæ вæййыпц хъарæг æмæ быпæп абухгæ ивылд Терчы уылæнты дзолгъо-молгъо. Тыхсы лæг. Йæ сæр пыттилы, пыууыпæргъы. Ныббогътæ кæнид цæф арсау, фæлæ хæцы йæхиуыл. Æлвæст, уымæл цæс- тытæй акæсы Терчы фале стыр фæндагмæ. Уæртæ цæгатыр- дыгæй мидæмæ фæцæуыпц дыууæ файтопы, сæ фæдыл къорд барæджы. «Æвæццæгæн, Калакмæ бæлццæттæ»,— хъуыды кæпы йæхи- нымæр æмæ та пыккæсы Терчы уылæптæм. Уыцы уылæнтимæ æмхуызон сты пыртæккæ йæ зæрдæйы ахаст æмæ йæ хъуыды- тæ. Сæмхæццæ сты, сæмтъеры сты. Хъарæг æмæ æрдиаг цыдысты уыцы лæджы хæдзарæй. Дыу- уæ боны размæ аргæ-арын амарди йæ рæсугъд ус Фаризæт. 4* 51
Дыууæ бопы дæргъы æгас хъæуы цæрæг адæм — иронæй, гуыр- дзиагæй цæуыпц йæ хæдзармæ кæугæ, пнугæйæ. Æрхæццæ сты Тырсыгомæй дæр мæрддзыго, æрбахæццæ сты Цымытийæ, Бæлтайæ. Æрбахæццæ сты суапг Дзæуджы- хъæуæй дæр, хъæргæиæг кæмæ уыди — се ’ппæт дæр. Зиапæн бафснайыын афои уыд, фæлæ ма йып æпхъæлмæ кастысты йæ цæгаты æрбахæццæмæ. Æрвыст сæм уыди барæг — хъæргæиæг. Кæсгоп чызг уыди Фаризæт. Дыууæ бопы æмæ дыууæ ’хсæвы кæуын æмæ хъарæгмæ хъусынæй, пæхи зæрдæйы катайæ сфæлмæцыд тыхджын лæг æмæ йæхи райста хибармæ. Хæдзарæй нæм æрцыдысты дыууæ лæджы. Чысыл æддæдæрæй йæм дзуры сæ иу: — Глаха... уæле дæумæ æихъæлмæ кæсынц. Лæг æй нæ фехъуыста. Терчы уыпæры бып фесты сыхаджы ныхæстæ. Æмæ йæм дыууæ лæджы бацыдысты хæста^гдæр, дзурыпц æм хъæрдæрæй: — Глаха! Уæле дæм æнхъæлмæ кæсынц. Лæг фестъæлфы^д. Йæ цуры сыхаг лæгты куы федта, уæд йæ къах æрпста дурæй, ракасти сæм. — Дæ каистæ схæццæ сты Кæсæгæп,— загъта дыууæ лæ- гæй хистæр. — Хистæртæ дæумæ кæсынц,— загъта иннæ дæр. Глаха сæм комкоммæ касти, фæлæ сæм дзургæ ницы скод- та. Йæ сау рихитæ адаудта, йæ къухтæ æрхаста йæ цæсгомыл æмæ араст дыууæ лæджы разæй... + Слопаты Глаха уыди службæйы Уæрæсейы æфсады. Цæр- дæг, хæрзарæхст æмæ хъæбатыр лæппуйы бафиппайдтой уы- рыссаг ипæлæрттæ хæсты рæстæджы. Сæ зæрдæмæ фæцыди, сæхимæ йæ бахæстæг кодтой, радтой йып афицеры цин, хорз- æхджып æрцыд. Хæст куы фæци, йæ райгуырæн бæстæм куы сцæйцыди, уæд иу цыбыр рæстæг бафæстиаг йæ фыды кæсгоп хæлармæ. Кæс- гон æлдар Мыртазаты Мысосты цыппæрдæсаздзыд чызг Фари- зæт фæцыди нæ зæрдæмæ. Хæрзкоид, рæсугъд афицер чызджы зæрдæйы пыххауд. Афицер фæцыди чызджы фыды зæрдæмæ дæр æмæ, кæд Фаризæтæп мон кæпып афоп нæма уыд, уæддæр сразы Глахайæи йæ чызджы раттыныл... гъе æрмæст æртæ, цыппар азы фæстæ. Цыппар азы нæ, фæлæ дыууæ азы фæстæ Глаха Кæсæгæй Сæпамæ рахаста æхсæрдæсаздзыд саурæсугъд чызг Фаризæты. Глаха æмæ Фаризæт фондз азы дæргъы фæцардысты а æмæ о-йæ, кæрæдзипæи уарзоп лæг æмæ усæи. Глаха зыдта 52
кæсгоиау дзурыи, Фаризæт дæр базыдта нронау дæр æмæ гуырдзнагау дæр. Слонаты чыпдз сси сыхбæстæп æмæ суапг æгас хъæубæстæп дæр уарзон адæймаг. Хæххон сылгоймаг цæмæй фидауы, цæ- мæй рæсугъд у — хæрзуаг, хæрзæфсарм, хæрзæгъдау, хæрзаив, хæрзарæхст æмæ цæстуарзоп, уыцы мипиуджытæй се ’ппæтæй дæр æххæст уыди Фаризæт. Уæдæ уынд æмæ копдæй — бæл- лпццаг. Хæдзары бпнонтæ йыл æрхъæцмæ нæ лæууыдысты. Фæлæ куыдфæстæмæ сæ фæрныг царды сæрмæ фæзыпд цыдæр тархуыз æврæгътæ. Сæ зæрдæтæм бонæй-боп арфдæр хызти мæт æмæ сагъæсы додой: зæнæг сын нæ цыди. Гъе, уый фæдыл-иу се ’хсæп рауади фæлмæп уайдзæфтæ. Кодтой йæ кæрæдзи аххос. Уæлдай тыигдæр сагъæсы бафтыд Глаха. Хæдзары нæй нæлгоймаг кæстæр. Фыд амард, кæстæр æфсымæр — Уæрæсейы æфсады, уырыссаг ус ракуырдта æмæ уым цæргæйæ баззад. Кæмæн баззайдзысты йæ хæдзар, пæ фос, йæ бирæ быптæ?.. Уæд та дыккаг ус ракурин, зæгъгæ йæ уыцы хъуыды дæр цух нæ уагъта. Уæд дын пу зымæгон изæр Фаризæт йæ уаты цыдæртæ куы архайдта, уæд ып Глаха йæ цæсгомыл бафиипайдта цыдæр æнахуыр æхсызгондзипады уылæн. Иæ сау цæстытæ æрттыв- той æхсызгон циидзииады рухсæй, ху^ти йæ мидбылты. Хат- гай-иу бакаст йæ лæгмæ æмæ та-иу йæ цæсгом амбæхста. Глаха йæ цухъа ласгæйæ кастн Фаризæтмæ æмæ дис кодта, ципдзипад ис нæ хæдзары, фæлæ цы уа? Цæуыл афтæ цинхуыз у йæ бииойпаг?.. Фæстаг азты афтæ зæрдæрухс хуыз никуы уыди Фаризæт. — Цыдæр хъæлдзæгхуыз дæ, мæ зæрватыкк, цы фарны зæд атахт ацы бон дæ сæрты? — дзуры йæм худгæйæ. Цыма мын цыдæр æхсызгон хабар зæгъинаг дæ, афтæ мæм кæсы. Фаризæт ницы сдзырдта, фæлæ йæм ракасти æмæ та пæ мидбылты бахудт, йæ цæсгом та амбæхста. Глаха йæм хæстæг- дæр бацыд, æрхæцыд ын йæ уæхсчытыл, фелвæста йæ йæ хъæ- бысмæ. Фаризæты цæстытæм фæкомкоммæ æмæ йæм бахудт: — Макæн... суадз мæ... марыс æй... — Кæй? — Уый... сы... сывæллоны... — Кæй сывæллопы? — Дæхи... суадз мæ... Нал æй суагъта лæг. Йæ риумæ йæ пылвæста æмæ нал æф- сæсти йæ рæвдауыиæй... Уыцы амоидджыи изæрæй рацыд авд мæйы. Ныр мæнæ Слопаты Гллхайы хæдзары аргæ-арып амарди йæ рæсугъд Фаризæт. Глаха æпхъæлмæ касти лæппумæ. Нæп 53
лæппу дæр. Райгуырди чызг. Хæдзарæн бындар нæ баззай- дзæп... Уыцы судзгæ зиаиы фæстæ ма лæппу пæ, фæлæ чызг рай- гуырди, уый куы фехъуыста, уæд йæхи нал баурæдта, тынгдæр нырдиаг кодта, нæлгоймагæп куыд не ’мбæлы, афтæ, æмæ кæр- тæй рацыди. Кæдæм, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста. Сыхаг устытæй чи мардимæ архайдта, чи хæдзар æфснайдта. Дыууæ усы та сывæллоиы айстой, атыхтой йæ сыгъдæг хæ- цъилты, фæсмып хъæццулы æмæ йæ цъæхахст кæнгæйæ ахас- той сыхæгтæм. Уыцы судзгæ зианы бонæй къуыри раздæр сыхаг гуырдзиаг ус Нинойæн райгуырди фыццаг сывæллон, лæппу. Ус ма уыди æвгъæды. Дыууæ усы йæм бахæццæ кодтоп сывæллоны. Тып- пыр риу Нинойæп йæ фарсмæ хуыссыди йæхи сывæллон, фæлæ рабадти, райста ног гуырды. Райхæлдта йып йæ хæцъилтæ, æрæвæрдта йæ йæ фарсмæ æмæ йын хъарм æхсырæй уымæл дзидзи йæ кæугæ дзыхы атъыста. Сывæллон фенцади йæ кæ- уынæй... Фаризæтæп йæ амæлæты æртыккаг бон, марды рахæссын афон, уæд арв æвиппайды æрбатар. Хъуынтъыз æврæгътæ йыл дыууæрдыгæй æддæг-мидæг ауадысты. Сæ гуыр-гуыр æры- хъуыст, цæхæры рæхыстæ ферттывтой хæхтыл, стæй ныггæрæх- тæ ластой æмæ уæларвæй, къæртайæ калæгау, ныккалдта къæв- да. Мæрддзыгойы адæм сæхи истой уæрæх сарамæ, хæдзармæ, къулы рæбынтæм, уæладзыг уæттæм. Бпрæ иæ ахаста къæвда. Куыд æвиппайды фемæхсти, афтæ æзиппайды фенцад. Арвы гæрæхтæ ма æрбайхъуыстысты фæс- хохæй. Цъæх-цъæхид арвыл урс æврæгъты æхсæнæй æркасти хур. — Судзаджы мардыл Хуыцау дæр æркалдта йæ цæссыг. — Зæды хуызæп адæймаджы мæлæтыл арв дæр скуыдта. — Рухсаг у, Фаризæт, хæлар дын уæнт уæларвон зæдты цæссыгтæ. — Царды хос фестæнт йæ æпахъом сидзæрæн ацы уарыны æртæхтæ. Кæстæртæ марды рахастой. Бавæрдтой йæ Сæнайы хъæуы сæрмæ уæлмæрды. Иннæ бон ацыдысты Кæсæгмæ Фаризæты цæгаты мæрд- дзыгой. Тыхстысты, æнамопд сидзæр сывæллон цы фæуыдзæн, чи йæ схъомыл кæпдзæп? Глахайы хæдзары ма сылгоймагæн баззади æрмæст зæронд ус’, йæ фыды хо Разиат. Кæм ма сарæхсдзæн ахæм зæронд ус дзидзидай сывæллон схæссынмæ. Мадырвадæлтæй иутæ дзырд- 54
10п: ахæссæм æй немæ, иннæтæ — нæ йæ хæссæм. Ардыгæй Кæсæгмæ у дыууæ бопы цыд. Цы уыдзæп ног гуырд сывæл- .1011?.. Глахайы куы фарстой, ахæссæм æй æви нæ, уæд сын уый дæр, йæ фыр тыхстæй нæдæр ахæссут загъта, нæдæр ма ахæс- сут. Зæропд Разиатмæ хабар куы байхъуыст, ома сывæллопы пæ мадæрвадæлтæ ахæссынмæ хъавынц, зæгъгæ, уæд бакатай, бардпаг кодта, стæй хъарæггæнæгау, загъта: — Нæ, нæ, нæ зынаргъ хæстæджытæ, нæ судзгæ марды уæл- хъус нын ахæм фыдохы ми уæ цæст ма бауарзæд! Нæ уын æй ратдзынæп... Мæ зæронд стджытæй йып авдæн скæпдзыпæн. Схъомыл æй кæндзыиæн мæ уæлныхты. Мæрдтæм мæ зæды хуызæи чыидзы зæрдæхудты нæ бацæудзыпæп. Сывæллоиы уал ныууагътой гуырдзиаг ус Ниномæ. ♦ Уыцы фыдохы бонтæй рацыди афæдз. Глаха ракуырдта дыккаг ус. Сидзæр сывæллоны хъомыл кодтой йæ фыды фыды хо Разиат æмæ гуырдзиаг ус Ниио. Дыууæ сывæллоны иу ма- ды æхсырæй иумæ рæзыдысты, иумæ хъазыдысты, систы хо æмæ æфсымæрау. Нæмттæ дæр сыл сæвæрдтой иу бон, иу куывды. Нинойы лæппуйыл сæвæрдтой Алисо, Глахайы чызгыл та Софя. Рæстæг цыди. Уæдмæ Глахайы дыккаг усæн райгуырди лæппу. Амарди зæронд Разиат. Хæхты цуаны къæдзæхæй ра- хауди Нипойы лæг. Амарди. Иæ хæдзар тынг фæцудыдта. Æртаздзыд сывæллон, Софямæ фæкæсæг нал уыд. Фыды- усæн йæ ном йæ уæлæ: нæ бауарзта Софяйы. Сидзæр сывæлло- ны зæрдæ зонаг у цæстæнгасæй... Иу фæззыгои изæр кæсгон æлдар Мыртазаты Мысост,— Софяйы мады фыд, йæ фырт Аскæрбиимæ файтоны æрцæйцы- дысты Калакæй. Сæиамæ сæ бирæ пал хъуыди, уæд хур хæхты аууон фæци. Йæ тынтæ, зæлдаг æндæхтау, анывæзтысты хъæуы сæрты хохæй хохмæ. Комы рухс фæмынæгдæр. Аскæрби бадти разæй, бæхтæрæгæн. — Лæппу, бæхы сабырдæр ауадз,— дзуры йæм Æмзор.— Ахсæв ам ныллæууыи хъæуы. Талынджы хæхбæсты зын цæуæн у, тæссаг. Аскæрби пæхæдæг дæр афтæ хъуыды кодта. Дзæуджыхъæуы кæнæ-иу Калачы куы уыдис, уæд-иу йæ хойы æнæ абæрæггæн- гæ никæд фæци. Сахуыр ыл и мадæй сидзæр сывæллон, нæ хойы чызг Софя. Йæ размæ-иу зæрватыккау кæртмæ ратахти сау- цæст, сау дзыкку саби худгæ. 55
Æрхæццæ сты Сæпапы хъæугæронмæ. Уым, хурыскæсæпыр- дыгæй бæрзонд хæхты æхсæнты æрхы, къæдзæхдурты рæбын хæлхæл кæнгæ згъоры суадон. — Лæппу, нучысыл ма фæуром—дзуры фыд йæ фыртмæ. Бамбæрста йæ Аскæрби: фыд искæй хæдзармæ æпæ йæ къухтæ ахсгæ никуы бацыди. Лæппу баурæдта бæхты. Мысост йæ иымæт, йæ уæлдзарм худ баппæрста файтонмæ, йæ даст сæрыл, йæ халас рихитыл йæ къухтæ æрхаста, йæ цухъайы фæдджитæ ацагъта æмæ допы былты фæпдагыл уæлдæрмæ фæраст н. Фæци стыр дуры аууон. Аскæрби хорз зыдта уыцы быпæттæ, чысыл уæлдæр, хъæуы сæрмæ уæлмæрдты ис йæ пупæг хоны ингæп... Рухсдæр ма куы уанд, уæд та суаид йæ абæрæг кæнынмæ. Йæ зæрдæ æхсайдта гыццыл Софямæ дæр. Тагъддæр æй куы фепид... Йæ размæ та разгъордзæн Аби, Аби, кæнгæ. Фыд фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæпæ тагъд æруайы. — Лæппу... Мæ хъустыл ауади... уæлмæрдтырдыгæй сывæл- лопы кæуып. Цы уа? Суай ма уæлдæр. Ацы афон уæлмæрдтæй сывæллоны кæуын... Аскæрби исдугмæ джихæй каст йæ фыдмæ. Цы зæгъы уый? Цъиувæдис куы пæу. Сывæллоны кæуын... Иæ иунæг хопы си- дзæр сывæллон... Кæд Софя... Лæппу цæхгæр фæзылди æмæ сызгъордта допы былты уæлæмæ. Мысост файтонæй райста йæ худ, йæ нымæт, йæ уæлæ сæ æркодта æмæ йе ’ргом аздæхта хъæуы сæрмæ. + Уыцы боп хъæуы цæрæг адæм сæ фæззыгоп куыстыты куы уыдысты, уæд, фæсспхор æнахъом сывæллæттæ хъазгæ-хъазгæ, рæсугъд дидииджытæ агургæйæ схæццæ сты уæлмæрдтæм, аф- тæмæй сыл хур дзæвгар акъул. Семæ уыдысты Алисо æмæ Софя дæр. Нино дæр рацыди йæ сывæллопы, йæ родты агурæг. Федта сывæллæтты, йемæ ракодта йæ лæппуйы. Софя хъазыди гыц- цыл чызджытимæ. Уыцы сывæллæттимæ уый дæр сæхимæ ацæу- дзæн, зæгъгæ, йæ уыцы зæрдæйæ ныууагъта. Слопаты хæдзарæй нпчи рацыди саби агурæг. Глаха уыди балцы. Ноджы фæталыпгдæр. Цъæх-цъæхид арвыл фæзындысты стъалытæ. Бæстæ пыхъхъус. Терчы доны сæр-сæр фæзмыдтой хъæуы сæрмæ гæмæх хæхтæ. Фалдæрæп цыди стыр суадопы хæл-хæл, хъæуæй хъуыст стурты уасын. 1 Сывæллон тарст тæрхъусау лæууыди æгомыг ппгæпты, зæп- пæдзты, дурты æхсæп. Хæдзармæ йæ кæцырдæм цæуын хъæуы, 56
уый пал зыдта, куыдта. Фыр тарстæй пыцъцъæхахст кодта... Уыцы цъæхахст ауади Мысосты хъустыл. Аскæрби азгъордта дурты, иигæнты æхсæнты. Бахæццæ чызгмæ. Сывæллон æй ауыдта,фæлæ йæ нæ базыдта. Тынгдæр пыцъцъæхахст кодта саби, йæхи иуфарс аппæрста. — Софя!.. Софя!..— Хъæр æм кæны Аскæрби.— Ма тæрс, ма тæрс, æз дæн. Аби дæп... Аби!.. Сывæллои фæстæмæ фæкасти, дурыл фæкалд æмæ размæ ахауд... Баййæфта йæ Аскæрби. Йæ хъæбысмæ йæ фелвæста. Сывæллон нæ фыртарстæй стъæлфыд. Базыдта мадыфсы- мæры. Аби, Аби кæнгæ йæ хъуырыл ныттыхст. — Ма тæрс, ма тæрс. Аби дæн, Аби. Ма ку,— дзырдта йын Аскæрби, æмæ йæ рахаста уæлмæрдтæй. Сывæллоны тæригъæ- дæй йæ цæстысыг гæр-гæрæй уад йæ рустыл. Сæ размæ фæци Мысост. Ницы йæм сдзырдта Аскæрби. Сывæллон йæ хæкъуырццæй пе ’нцад. Райста йæ йæ хъæ- бысмæ Мысост, æрæмбæрзта йæ нымæтæй, йæ риумæ йæ æр- балхъывта æмæ йæ буары уазал риз ацыд: гæртт-гæртт кодта фыртарстæй йæ аедзард чызджы сидзæр хъæбул... нылхъывта йæ йæ риумæ тынгдæр. Лæг иинæрдæм азылд. Аскæрби лæууыди чысыл æддæдæр, касти йæ фыдмæ. Ни- куы йæ федта афтæ тыхстæй, никуы йын федта йæ цæссыгтæ афтæ ивылгæ. — Лæппу,— цæхгæр фæзылди файтонырдæм.— Цом дард- дæр... Ам лæууæп нал ис... Сбад æмæ скъæргæ тагъддæр... Бæхтæ фезмæлыдысты. Иу чысыл куы æруадысты, уæд æр- базыпд адæймаджы æндæрг. Дæлæрдыгæй сцæйцыд чидæр. Кæд сидзæр сывæллоны тæригъæдæп мæстæй хæлди Мы- сост, уæддæр æм аив нæ касти йæ аласып æнæ йæ хæдзармæ фæхабар кæнгæйæ. Фехъусын кæнын хъуыди Слонатæн. Куы йæ агурой æмæ загъта: — Лæппу, чысыл ма фæуром. Аскæрби баурæдта бæхты. — Бахатыр кæн, хорз лæг... чидæриддæр дæ, фæлæ дæ ку- рыи... Слонатæп фехъусын кæн... сывæллоны йæ мадырвадæл- тæ аластой. Куы йæ агурой мыййаг. Хæрзæхсæвтæ. Аскæрби фесхуыста бæхты æмæ файтон уайтагъд хиды фале фæци. Лæг сæ фæдыл джихæй касти. Базыдта сæ: Глахайы раздæ- ры каистæ, кæсгон æлдар... Кæддæр йæ хæдзары дæр уыди чыпдзхæссæг Глахайæн. Цæуыл афтæ мæстыйæ фæцæуы талынг æхсæв ахæм фæндагыл?.. Цы уыдзысты æхсæвыгои æнахъом сывæллонимæ ахæм тæссаг фæндагыл? — Æдзæмæй каст лæг сæ фæстæ. 57
Уый уыди Глахайы сыхаг, Берозты Уырызмæг, стыр фæнда- джы хаймæ зилæг, Фаризæты æмдзуарджыи. Йæ кæпгæ хо Фа- ризæт ма æгас куы уыди, уæд-иу арæх бауади Глахайы хæ- дзармæ... Ног æфсин дзы куы фæзынди, уæд æй йæ къах нал хаста уыцы хæдзармæ. Ныр дæр зивæг кодта Мысосты фæ- дзæхст баххæст кæиынмæ, йæ сывæллæттæй сæм искæй барви- типаг уыди, фæлæ Слонаты хæдзары цурмæ куы схæццæ, уæд йæ хъустыл ауади: — Уырызмæг, не ’иæнтыст быны чызгыл дæ цæст никуы æрхæцыд? — уæладзыджы рудзынгæй йæм радзырдта Глахайы ус. — Йæ мадæрвадæлтæ йæ фæласыиц. Ма йæ агурут.— Æн- дæр æм ницы сдзырдта Уырызмæг, йæхинымæры загъта: «Зæр- ватыкк æмæ халопæн пæй иу ахстоны цæрæн... Лæппын зæрва- тыкк атахти... халоп баззад Глахайы хæдзары...» Глаха... Йæ цард йæ гаччы иæ уыд... Атардтаид йæ налат усы, фæлæ... йæ лæппу... хæдзарвæндаджы быпдар... Иæ сæр æмæ йæ зæрдæ нал æмбæрстой кæрæдзи æмæ-иу куы йæ фос- мæ зилæг æххуырстытимæ бафæстиат уæтæры, куы-иу Дзæу- джыхъæуы баззади къуыригай. Фылдæр та фæцалх и Кала- чырдæм... •
Фæсарæйнаг ирæттæ УАРЗИАТЫ ВИЛЕН ДОН ДÆР ЙÆ РАГОН ФÆД АГУРЫ... Сывæллонæй дæр бирæ хæттыты фехъуыстон, XIX æпусы ирæттæ Туркмæ куыд афтыдысты, уыцы хабæрттæ. Хистæртæ- иу арæх æрæмысыдысты Куындыхаты Муссæйы ном. Инæлар уæвгæпæ, дам, хицауадимæ фæбыцæу æмæ йæ хæстæджытæ ’мæ йæ дæлбар адæмимæ тæргай алыгъд. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мæ хъус дардтон, фæлæ Турчы цæрæг ирæтты тыххæй къухы ницы æрмæг æфтыд. Турк Уæрæсейы знагыл нымад цыди æмæ дыууæ паддзахады ’хсæн ахастдзи- нæдтæ нывыл никуы уыдысты. Фæстаг рæстæг уавæр бæрæг фæивта. Кæд алцы нæма, уæд- дæр уал цыдæр хабæрттæ райдыдтам хуыздæр æмбарыи æмæ бæлвырддæр зонын. Фыццаджыдæр зæгъып хъæуы уый, æмæ ирон адæм Турчы кæй цæры тынг гыццыл. Кæй фæхъусæм, уыцы алыхуызон нымæцтæ сты æрымысгæ. Турчы ирæтты тых- хæп бындурои иртасæн куыст бацæттæ кæнын бафтыд æрмæст профессор Фридрик Тордарсоны къухы. Йæ зопадон уац мы- хуырæй рацыд Норвегийы (ТНогйагзоп Р. Зоте по1ез оп Апа- 1оНап ОззеИс //АгЫу ОпепЫш. Оз1о, 1971, уо1. 33, р. 145— 167). Уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй йæ джинпы рауагътой Чъребайы, Хуссар Ирыстоиы зонадон-иртасæг институты Уац- ты XVII чиныджы. Фæстæдæр та ахуыргопд ногæй ракодта ирæтты кой: «Астæ- уккаг æмæ Скæсæн Анатолийы ис, сæ цæрджытæ иронау кæ- мæп дзурынц, ахæм цалдæр хицæн хъæуы. Фæлæ анатолиаг, ома туркаг ирæттæ цас сты, ууыл бæлвырд дзурæг нымæцтæ нæй» (ТЬогс1аг50п Рпс1пк. ОззеИс //СотрепсНит Ып^иагит 1гашсагит \\Че5Ьас1еп, 1989, р. 456). Ацы æмæ бирæ æндæр хабæрттæ мæн тыпг фæндыд бæлвырд- дæр базопын æмæ мып.бынтон æнæнхъæлæджы ахæм фадат фæци 1990 азы. Уæд, кæфты мæйы, Налцыччы, мухадзырты тыххæн стыр зоиадон конференци арæзт æрцыд. Мухадзыр- т æ,— афтæ хуыдтой иумæйаг номæй Кавказæй Туркмæ лидзæг адæмы, уымæн æмæ араббагау амоны лигъдæттæ. Конфе- 59
ренцийы архайджыты ’хсæи уыд фæсарæйпаг уазджытæ дæр. Уыдонæй иу — Туркæй æрбацæуæг адыгейаг лæг Айдемир Из- зет — уæлдай мндисджын æмæ цымыдисаг ныхас ракодта му- хадзырты пымæц æмæ фыдæвзарæн цауты аххосæгты тыххæй. Уыцы цаутæ махмæ куыд амоныпц æмæ Иззет цы радзырдта, уыдон кæрæдзимæ дард лæууынц. Быптои диссаг та мæм тур- каг кавказæгты нымæц фæкаст. Доклады фæстæ Иззетæи мæхи бацамыдтон æмæ базоигæ дæн диссаджы адæймагимæ. Тынг мыл бацин кодта, æз, дам, æрмæст махонтæ æмæ уырыссæгтæи æпхъæл уыдтæн ам, аф- тæмæй дзы а с а т ы н-х ъ у ы с х æ, ома ирон дæр куы ис. Кæй зæгъыи æй хъæуы, ныхас кодтам тæлмацгæнæджы руаджы. Туркаг ирæттæй тынг раппæлыд. Загъта, бонджын, цæрæг адæм сты, ахуыргæндтæ сæм дзæвгар ис, зæгъгæ. Айдемир Иззет (1гге1 Ауйепиг) райгуырд 1925 азы Турчы Антеп-Килицы зылды. Иæ фыд Харум уыд Æдасдзинады уæл- дæр комиссарады афицер. Се ’цæг мыггаг у Джусхæ æмæ сты абадзехæгтæ. Иззет райдиан ахуырад райста Афйоны сахары, дарддæр сахуыр кодта Бурдуры æмæ Катабасы нæлгоймæгты æхгæд гимназы Стамбулы. Уый фæстæ бацыд Анкарайы уни- верситеты æвзаг, истори æмæ географийы факультетмæ, фæлæ йæ каст нæ фæци — фæстаг курсы барвæндæй йæ ахуыр ныу- уагъта æмæ бирæ рæстæг, суапг 1977 азмæ, фæкуыста «Иллер Банк»-ы. Улупаисæг сси, афтæмæй йын зæрдæрухсæй хæрзбон загъта. Иззет уыд, 1961 азы Анкарайы цы кавказаг æхсæнад («Ки- геу КаГказуа Кйкйг Оегпе^») бапгом, уый бындурæвæрджы- тæй иу. 1964—1975 азты йæхи хардзæй джиппы уагъта журнал «Кигеу КаГказуа КйИйг Оег^зЬ, Цæгат Кавказы адæмты куль- турæйы тыххæй. Журнал цыди афæдз цыппар хатты æмæ йæ кæсджытæн кавказаг адæмты цардæй туркагау фæдзырдта би- рæ цымыдисаг хабæрттæ. Æхсæнадон, культурон æмæ зонадон куысты фæдыл Иззет, Цæгат Кавказы культурон æхсæиады йын цы иузæрдион хæ- лæрттæ уыд, уыдопимæ 1969 азы бабæрæг кодта йæ фыдæлты уæзæг. Фæстæдæр, 1972 азы, зонадоп æрмæг æмбырд кæнгæйæ, уыдон уыдысты Сам (Сири) æмæ Иорданы цæрæг кавказæг- тæм дæр. Айдемир Иззет у цалдæр чиныджы автор. Сæ фылдæр дзу- рæг сты не ’мзæххонты хъысмæты тыххæй. Зæгъæм, рагæй фæс- тæмæ кæсæг æмбисопдæн хæссынц Хъазаиохъо Джæбæгъийы ныхæстæ. Иззет æрæмбырд кодта ацы куырыхон лæджы æмби- сæндтæ æмæ сæ хицæи чиныгæй рауагъта. Кавказиртасæг чин- гуытæм хауынц «Æфсизæгты (черкесты) социалон цард»,
«Кавказаг прозæйы антологи» .æмæ æндæртæ. Се ’ппæты тынг- дæр мæ зæрдыл бадардтон «Ралыгъд» («<3бд») чи хуындис, Иззеты уыцы чиныг. Уым бæлвырд ныхас цæуы, Кавказæй Туркмæ афтæг лигъдæттæ цавæр адæмыхæттытæй уыдысты, сæ нымæц цас уыди, уыдæттыл. Чиныджы авторы хъуыдымæ гæс- гæ дзы ирæттæ уыд 9 мины. 1992 азы кæфты мæйы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон дзыллæты æппæтдунеон коыгресс. Уым раныхас кодта Турчы ирон æхсæнад «Алап»-ы («А1ап КйИйг уе УагсНт УакП») сæр- дар Хъаныхъуаты Ремзи. Уый куыд загъта, афтæмæй ныртæк- кæ Турчы цæры 20 мин ироны. Фæлæ уыдонæй йæ мадæлоп æв- заг зоны æрмæст 5 мины. Иннæтæ иронау нал дзурынц. Айдемир Иззет æрæмбырд кодта, XIX æнусы 60-æм азты англисаг газетты, сæрмагондæй та «Ргее ргез5»-ы, мухадзырты тыххæй цы æрмæг уыд, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фыл- дæр хай сын махмæ зоигæ дæр пичи кæны, зынарæн кæп сты, уый аххосæй. Афтæмæй та нæ истори иртасджытæп тыпг цы- мыдисаг сты сæ мидисмæ гæсгæ. Иззет мын стыр зæрдæхæла- рæй балæвар кодта æппæт уыцы æрмæджы англисаг къопитæ. Уыдоны тыххæй сæрмагопдæй æпдæр хатт зæгъдзынæп. Туркаг æвзагмæ тæлмацгоидæй 1992 азы хицæн чиныгæй джиппы уагъд æрцыдысты Анкарайы (Озтап (^еПк. 1п^Ш2 Ве1§е1еппс1е Тйг- к1уе уе КаГказуа. Апкага, 1992). Ныр та мæ цалдæр ныхасы зæгъып фæнды Айдемир Иззеты иннæ чипыджы тыххæй, хъуа- мæ йæ ирон адæм зоной. «Æфсизаг (черкесаг) мухадзырты рухстауджытæ» («МиИасеге11ек1 дегкез аусНгПап»),— ахæм сæр- гондимæ 1991 азы Анкарапы джиппы рацыди. Автор æрæм- бырд кодта алывæрсыг æрмæг, цæгаткавказæгтæй Туркмæ чи афтыд æмæ туркагау чи фыста, ахæм ахуыргæпдты тыххæй. Æдæппæтæй чипыджы кæны 55 лæджы кой. Цыбæрæй сын дзу- ры сæ цардвæидаджы тыххæй, афæлгæсы сын се сфæлдыстадыл. Иæ къухы дзы кæй хуызист кæпæ къухæн нывгопд сурæт баф- тыд, уыдон чиныгмæ бахаста æмæ сæм чипыгкæсæг æхсызго- нæй æркæсы. Иуæй-иуты сфæлдыстадоп бынтæй дæтты уæлæм- хасæн æрмæг — нсты уацмыс æиæхъæнæй, кæпæ та дзы скъуыд- дзаг. Мухадзыртæ туркаг æхсæпады цы быпат ахстой, уый рабæ- рæг кæныпыл бирæтæ архайдтой. Æз рапымайдзынæн, кæй зо- нын, æрмæст уыдопы нæмттæ. Революцпйы агъоммæ альмапах «Утро гор»-ы (Бако, 1910 аз, № 1) Хаджетлассе Мæхæмæт пыммыхуыр кодта йæ уац «Роль кавказских горцсв в полнти- чсской и обществеппой жизпн Турции». Дæс азы фæстæ Баса- риа Симон Сухумы джиппы рауагъта нæ уац «Горцы Кавказа в Турции». Фæстæдæр ып æй ногæй рауагътой йæ æвзæрст уац- 61
мысты чиныджы (Сухум, 1967). Стамбулы цæрæг Бегуа (Вйуйка) Омар æрæмбырд кодта, абхазæгтæй Турчы чи фес- гуыхт, ахæм 60 адæймаджы биографион афыстытæ. Уыдон æф- снайд уыдысты Сухумы бæстæзонæп музейы архивы. Кæй зæ- гъып æй хъæуы, ацы æрмæджытæ иууылдæр ахсджиаг сты, фæлæ, иу хатт ма йæ зæгъын, цы чипыджы кой кæнын, уымæн аргъ нæй. Уымæн æмæ дзы ныхас цæуы, Абхазæй Дагестаны ’хсæн цы адæмыхæттытæ цæры, уыдонæн се ’ппæты минæвæрт- ты тыххæй дæр. Нæ цæстыты раз сыстынц сæ сурæттæ, се сфæл- дыстады тыххæй базонæм бæлвырддзинæдтæ. Чиныджы разпыхасы автор дзуры, йæ размæ цы хæстæ æвæрдта, уыдопыл. Æмбарын кæпы, ацы æрмæг мургай æм- бырд кæнгæйæ цас фыдæбон федта, уыдæттæ. Æцæгдæр афтæ кæй уыд, ууыл дзурæг у, чиныджы æрмæг æмæ дæнцæгтæй би- рæтæн махмæ сæ кой дæр кæй иæ уыди, уыцы æууæл. Инпæ- мæй та зæгъын хъæуы уый, æмæ, Турчы æхсæнадон æмæ куль- турон царды арф æмæ аив фæд чн ныууагъта, уыдопы литера- турон æмæ публицистои бынтæ нырма кæй сты бындуронæй иртасинаг. Чиныджы фæрцы мах базонгæ вæййæм хицæн ахуыргæнд- тимæ пæ, фæлæ сæрмагонд æхсæиадтимæ. Зæгъæм, 1928 азы Туркмæ зонадон балцы афтыди академик Н. Я. Марры асип- рант Кукба Виктор. Уый куыд рахабар кодта, афтæмæй Стам- булы цæрæг абхазæгтæ æмæ æфсизæгтæ 1912 азы сæхицæн сарæзтой культуроп æхсæнад «Мухадзырты къамис» («МиНапг когтпззюп»). Æхсæнады хæс уыди рухс тауын, абетæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ аразып, фольклор æмæ этнографи са- хуыр кæнын. Фæлæ, зæгъы, Фыццаг дунеои хæсты фæстæ, 1918 азы, йæ архайд фæсыкк... Ацы Æхсæнады куыстыл афæлгæст æфснайд у Уæрæсейы Зопадон Академийы архивы, Бстъырбу- хы (АРАН, ф-800, оп. 6, д. 277, л. 1—5). Хабар та æцæгдзина- дæй уыдп афтæ: мухадзыртæ Стамбулы сарæзтой «Æфсизæг- ты кæрæдзиуыл аудæг æхсæпад» («^егке^ Теауйп СегшеИ»). Йæ куысты æмгъуыд дæр уыд æндæрхуызоп — 1908 азæй суапг, цалыимæ Ататюрк Кемал 1923 азы ахæм нациоп æхсæнадтæ сæхгæпыиы тыххæй бардзырд радта, уæдмæ. Иæ фыццаг сæргъ- лæууæг уыди Ахмæт Джавит Терхет-пæса (1840—1916). Ацы адæймаг иу арфæйаг хъуыддагæй стыр ныфс бауагъта йе ’мзæх- хонты зæрдæты: Турчы цæрæг адыгейæгтæн 1897 азы араббаг дамгъæтæй бацæттæ кодта абетæ. Ацы чиныг фадат дæтты бирæ æндæр хабæрттæ сбæлвырд кæныпæп дæр. Зæгъæм, уый фæрцы нæ къухы бафтыд, уæлдæр цы æхсæиады кой ракодтам, уый зынгæдæр уæигты номхыгъд базонын. Се ’хсæн уыд бирæ ахуыргонд лæгтæ: инæлæрттæ 62
æмæ уæлдæр афицертæ, фысджытæ, æвдакаттæ, дины кусджы: тæ æмæ æндæртæ. Чи цавæр адæмыхаттæй у, уый сæ иæмттæ æмæ мыггæгтæм гæсгæ зын зæгъæн у, уымæн æмæ фыст æрцы- дысты туркаг здæхтæй. Чи зоны, ирæттæ дæр дзы ис... Цæмæй «Æфсизæгты кæрæдзиуыл аудæг æхсæиад»-ы куы- сты мидис æмбæрстгонд уа, уый тыххæй нымадæй цалдæр лæ- джы кой ракæндзынæн. Зæгъæм, хæстон инæлар æмæ зындгонд ахуыргопд Мет Чунатука Исуф Иззет (1875—1922). Уый ныф- фыста æмæ джиппы рауагъта цалдæр чипыджы кавказæгты историйы тыххæй. Сæ тæккæ зындгонддæр у «Кавказы истори» (КаГказ ТапЫ. Апкага, 1912), цалдæр уагъды æрцыдн туркаг æмæ араббаг æвзæгтыл. Уымæй уæлдай ма инæлар Мет Иззет- пæса Стамбулы фыццаг байгом кодта «Æфсизæгты хæдзарон фæзмпнаг скъола» («(^егкез Оге1 Огпек Оки1»). Иннæ ахæм — Самы чи райгуырд, уыцы кæсгон Ахмед-Нури Цаго (1884—1935). Уæлдæр ахуырад райста Стамбулы универ- ситеты юридикон хайады. Тынг æнгом баст уыди «Æфсизæгты кæрæдзиуыл аудæг æхсæнад»-имæ æмæ 1911 азы кæсгон æмæ туркаг æвзæгтыл сæхи газет «Балхон» («Гъуазэ») уадзын куы райдыдтой, уæд сси йæ редакцийы кусæг. Фæстæдæр, 1913 азы, æрыздæхт Кæсæгмæ æмæ Пахсæныхъæуы (Баксаны) байгом кодта мæдрис, дины ахуыргæнджытæ дзы цæттæ кодта. Туркæй йемæ æрбаласта ахуыргæнæн чингуытæ. Уыдонæй иуæй-иутæ, зæгъæм, «Абетæ» («Алыфба») сарæзта нæхæдæг, йе ’рдхорд Исуф Суад Нагучнмæ. Джиппы уагъд та æрцыдысты æхсæна- ды руаджы. Рох нæ уыдысты абхазæгтæ дæр. 1919 азы, Стамбулы, про- фсссор Бутбæ (Ви1Ьау) Мустафа джиппы рауагъта «Æфсизаг абстæ абхазагау» («^егкез еШЬе ар51Г5е1е»). Уыцы гыццыл чиныджы æдæипæтæй уыд 34 фарсы, фæлæ туркаг абхазæгтæи цыфæнды хæзнайæ зынаргъдæр лæвар разыпд. Æхсæнады архайдта абазипаг иннæ профессор Мкер-ипа (Мекег) Азиз (1877—1941) дæр. Бирæ азты дæргъы уый уыди Уæлдæр хъæууоихæдзарадон скъолайы сæрдар. Фæстæдæр Турчы зæххыхæдзарадон миннстрады куыста уынаффæгæнæ- гæй. Æрмæст ацы цалдæр адæймаджы койæ дæр бæрæг у, пе ’мзæххонтæ ахуырмæ куыд разæнгард уыдысты, сæ фыдæлты культурæйыл сæ зæрдæ куыннæ ивтой, уый. Уыдон иттæг хорз æмбæрстой, талынг æмæ къуымых уæвгæйæ туркæгты ’хсæн кæй фесæфдзысты æмæ архайдтой алы зоиындзинæдтæ мадæ- лоп æвзæгтыл парахат кæныныл. Цыбыр дзырдæй, ахæм фенæг æмæ зонынджын адæймæгтыл фыст у Иззеты чипыг. Зæрда- ивæй дихгонд у æртæ хайыл. Фыццаджы цæуы, Турчы зæххыл 63
чи архайдта, уыцы зындгонд рухстауджыты кой. Уыдопæй иутæ уырдæм Кавказæй балыгъдысты суанг 1865 азы размæ, иннæ- тæ райгуырдысты Турчы. Чнныджы дыккаг хайы автор дзуры, фæстæмæ йæ фыдæлты уæзæгмæ чи аздæхт, ахæм фондз лæ- джы тыххæй. Æртыккаджы ныхас цæуы революци æмæ мидхæ- сты замап Туркмæ чи ахауд, уырдыгæй та Европæмæ чи аф- тыд, ахæм адæймæгтыл. Чи зоны, исчи зæгъа, Европæйы чи æрцард, уыдоны кой та ма цы кæны, зæгъгæ. Æз æй куыд æмбарып, афтæмæй уымæн,, æмæ, кæд уыдоп Европæйы паддзахæдты æрæнцадысты, уæд- дæр сæ архайд тынг æнгом баст уыди мухадзыртæ æмæ ипнæ цæгаткавказæгты дзыллои куыстимæ. Фæсарæнты уæвгæйæ уыдои гом кодтой цæгаткавказæгты иумæйаг къордтæ æмæ культурон æхсæнæдтæ, джиппы уагътой журналтæ уырыссаг æмæ туркаг æвзæгтыл, бæллыдысты сæ райгуырæн Кавказ, се ’мтуг адæмы цардамондмæ. Ацы чиныг кæсгæйæ æз базыдтоп, рохуаты чи аззад, уыцы ахуыргоид лæгтæй бирæты нæмттæ, сæ удуæлдай фæллойы ар- фæйаг хабæрттæ. Уæлдай æхсызгондзинад мып æрхастой ирон адæмы иуæй-иу минæвæртты тыххæй ног бæлвырддзипæдтæ. Цæвиттон, чипыджы фыццаг хайы бакæсæн ис дыууæ ироп лæ- джы тыххæй. Уыдон сты Мамсыраты Осмæны фырт Темырбо- лат æмæ йе ’фсымæр — Куындыхаты Муссæйы фырт Бечыр. Æртыккаг хайы та ныхас цæуы, сæ кой дæр кæмæн нæ фе- хъуыстам, ахæмты тыххæй. Зæгъæм, фæстаг рæстæг Цæлыкка- ты Ахмæты кой арæхдæр кæныи райдыдтой, фæлæ Байтугъап- ты Барысби, Билаты Бало, Елехъоты Тамби æмæ Хъантемырты Алиханы тыххæй бæлвырдæй пичи ницы зоны. Уый раст пæу: рæстæг домы, цæмæй Ирыстопы истори къахыртæ-æмæ гæлир- тæгонд мауал цæуа. Ау, ахæм лæгтæ рохуаты хъуамæ баз- зайой? Нæ адæмы раз цы азымджыи уыдысты? Цы знаггад ракодтой иæ райгуырæн Ирæн? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр уый, æмæ сæ зæрдæмæ нæ айстой большевикты цардыуаг æмæ сæ бахъуыд ардыгæй алидзын. Ныр кæд пæхи уæды идеологийы сахсæнтæй уæгъд кæиæм, уæд хъуамæ зоиæм уыцы адæймæгты дæр. Уымæн мæ бафæпдыд, чииыджы уыдопы тыххæй цы æр- мæг ис, уый, йæ равæрд ын нæ аивгæйæ, журиалкæсджыты тæрхопмæ рахæссын. Туркагау дæсны нæ дæп æмæ мæ тæлмац æнаипп кæй нæ уыдзæн, уый тыххæй рагацау хатыр курын. Æрмæст мæ зæгъыи фæпды уый, æмæ сыгъдæгзæрдæнæ ар- хайдтоп, цæмæй авторы хъуыдытæ иропау æххæстæн æвдыст æрцæуой. Ирон иæмттæ æмæ мыггæгтæ мæ тæлмацы ныууагъ- топ, Айдсмир Иззет сæ куыд дæтты, афтæ,— туркаг здæхтæй. Чиныджы текст дæлдæр лæвæрд цæуы къæдзыгты. 64
«Мамшыраты Темирполат (1845—1898). Фыдыбæстæ чи ныу- уагъта, уыдопæй пу у поэт Мамшыраты Темирполат. Йе сфæл- дыстадоп быптæй джиппы уагъд æрцыд æрмæст иу чысыл хай, фæлæ йæ ном уæддæр зыпдгопд у Кавказы. Р1æ биографи йып пæ райгуырæп бæстæйы лыстæг пæ зопынц, афтæмæй та, на- цнон фарстаты цæстæпгасæй кæсгæпæ, пæ лнтературоп архайд у тыпг ахсджпаг. Темирполаты фæзыпд баст у мухадзырты ирон хапмæ. Уый рапгуырд 1845 азы Терек-Калемæ (Дзæуджыхъæумæ) æввахс, Джызæлыхъæуы. Ныртæккæ Джызæл стыр цæрæнуат у, фæлæ уыцы замапы та уыд цалдæр хицæп хъæуæй арæзт. Р1æ сывæл- лоны боптæ Тсмпрполат уым арвыста. Фæстæдæр пæ фыд Ос- мæп æд бппоптæ ралыгъд Терчы рахиз фарсмæ æмæ æрп.ард Брутыхъæуы. Уæды рæстæджы Цæгат Кавказы адæмты ’хсæн Купдух Муссæ уыд кадджып лæгыл пымад. Иæ мадырвады фæрцы Темнрполат æнтыстджыпæй каст фæци уырыссаг æф- сæддоп ахуыргапæпдоп æмæ ссп афицер, фæлæ йæ знаггадгæ- пæг æфсæдтпмæ тугкалæпты архапын пæ бафæпдыд æмæ ссæдз- аздзыд Темпрполат 1865 азы пæ бипоптæ æмæ иппæ æфси- зæгтпма* ралыгъд Туркмæ. Ам, Анатолипы, Токат сахармæ хæ- стæг, æрбыпæттои сты æмгс уыцы рап фæцард 1898 азмæ, суапг пæ амæлæты боимæ. Тсмирполаты сфа\чдыстад æххæст у пат- риотизмы цæха:чрæй æмæ нын ирдæй æвдпсы йе ’рхæпдæг æн- къарæптæ, рапгуырæп бæстæм йæ уды тырпыпдзинад. Темпрполаты сфæлдыстадоп архайды райднап бану ис Кав- казы нсторппы тугкалæн замаппмæ. Уапмыстæ фыссып рап- дыдта иудæсæм æнусы 00-æм азты. Уæдмæ Кавказаг хæс!ы дæргъвæтии рæстæг дæр ахпцæн. 1859 азы уырысы æфсæдтæ фæуæлахиз сты Гупибы бæрзæпдты, пæрæмоп Шамплы поми- мæ баст зпæт дугæп йæ кæрои æрхæццæ. Цæгат Кавказы скæ- сæйпаг хап зпæгтæ фидар рæхыстæй сбастоп, фæстæдæр ны- гуылæны дæрæп кæнын райдыдтой адыгепæгты. 18(51 азы уырыс æрхъула сты фæстаг адыгепаг хъæутыл æмæ сæ басастон. Хъæздыг, Хуыцауыскопд бæстæ царæфтыд фæци, хъæууат фес- тадп æгасæн дæр. Æд уæрдæтгæ, æд æргъæмттæ лпдзæг фесты мæгуыр муха- дзырта\ Дапрап... Тифлис... Турчы арæн... Хъарс... Агъыр... Ахæм уыд сæ тæригъæддаг хъысмæты фæпдаг. Уырысы хпцауа- -»ды æгъатыр политпкæйæи поэт йæхæдæг æвднсæп разыпд. Æл- ’дариуæггæнæг уырыс æй бакъуымы кодтой æмæ нæ рапгуырæп бæстæ пыууагъта, пæхп сбаста мухадзыртпмæ æмæ æд бинон- та^ ралыгъд. Поэт лпгъдæттæп куырдта, цæмæй алчи дæр йæ армыдзаг йемæ райса хæххон сыджытæп: мыййаг, зæгъы, æцæгæлон бæ- 5 Мах дуг 5—6 65
сты куы амæлæм, уæд нын æй нæ ингæнтыл исчи бакалдзæн. Иæ иу æмдзæвгæйы фыста: «Уæ иæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд цæрæм мах уæ фæстæ» («Еу с!а§1аг, йодта уа!ап. 812512 пазП уазауаЫПпг Ыг»). Темирполат пымад у кавказаг мухадзырты поэзнйы быиду- рæвæрæгыл. Мухадзырты фыдæбæттæ, сæ маст, сæ сагъæстæ сып поэт равдыста дзыхы ныхасæй, æмдзæвгæйы хуызы. Йе ’мдзæвгæтæ «Сагъæстæ» («РП<1г1ег»), «Дыууæ ’мбалы» («Ш агкас1аз»), «Лвдæны зарæг» («Вс5П< 5агк151») стæмтæй фæстæ- мæ Кавказы мыхуыргопд иæ уыдысты. Йæ къухфыстыты дзæв- гар хап баззад йе ’рдхæрдтæм æмæ хæстæджытæм». Уæлæмхасæн æрмæгимæ автор ныммыхуыр кодта Темырбо- латы æмдзæвгæ «Дыууæ ’мбалы» (53—58 ф.). Туркаг æвзаг- мæ йæ чи раивта, уый, хъыгагæн, бæрæг нæу. Куыд зонæм, афтæмæй Турчы цæрæг ирæттæн цалдæр фæлварынц апвадоп уацмыстæ фыссып. Ацæты (Ойпе^) Мехмет туркаг æвзагмæ раивта Къостапы æмдзæвгæтæй цалдæр. Уæвæн ис æмæ ацы тæлмацы автор у Мехмет. Айдемир Иззсты чипыджы Темыр- болаты тыххæй цы уац ис, уый дæнцæгтæм гæсгæ фидарæп зæгъæн ис, авторæп Мамсыраты Темырболаты чипыг «Ирон зарджытæ» (Орджоникидзе: Ир, 1982) зыпдгопд кæп уыди: Хъодзаты Æхсар æмæ Ходы Камалы фыст разныхасæн кæй спайда кодта, ууыл дзурæг сты иуæй-иу хъуыдытæ æмæ дæн- цæгтæ. Иу дзырдæй, Темырболаты сфæлдыстад чипыджы хуызы фæстæмæ Туркмæ бахæццæ. Чнныджы иппæ уац фьгст у Темырболаты мадыфсымæр Куындыхаты Муссæйы кæстæр фыртыл. Иззеты руаджы йын капд йæ хъуыддæгтæ пæ базопæм, фæлæ йæ сурæт дæр пæ цæстытыл ауайы. Къамæй нæм ныфсджып каст кæпы рæсугъд хпуылхæцгæ лæппулæг. Иæ уæлæ — европæйаг фæлыст, йæ сæрыл — пыллæг бухапраг худ. Къамы бын кæсæм: -. «Бекир Сами Кундух (1864—1932). Турчы фæсарæйпаг рæс- таг политикæ æмæ йе ’мзæххоиты царды пыууагъта нрд фæд. Райгуырд Ирыстоны, Сапибайыхъæуы. Раздæр уырыссаг, фæс- тæдæр — туркаг æфсады ироп ипæлары фырт. Цæгаткавказаг пысылмæтты пæ фыд сразæнгард кодта Туркмæ алидзынмæ. Ахуыр кодта Галатасарайы лнцейы, уый фæстæ Парнжы каст фæци «Политнкоп зопæдты уæлдæр скъола». Куыста алыхуы- зоп бæрпоп быиæтты. Зæгъæм: Бетъырбухы туркаг мннæвара- ды нымæрдарæй, цалдæр паддзахады туркаг копсуладты. Ар- хайдта паддзахадон бадзырдты. Уыд губерпатор Турчы бирæ вилапетты, куыста осмайнаг парламеит меджлпсы депутатæй дæр. Æвзæрст уыд Турчы Стыр адæмон æмбырдмæ (Тйгкуе Виуйк МПИ МссП^). Фæстæдæр æй ацы æмбырды уыпаффæмæ 66
гæсгæ спысан кодтой фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг мини- стрæн (1920—1921). Лцы хъуыддаг туркæгтæн се ’ппæты зæр- дæмæ пæ фæцыд. 1921 азы, Советон Уæрæсеимæ ахастдзинæдтæ фæхуыздæр кæпыпы охыл, æрвыст уыди Мæскуымæ. Уыцы фæндагыл ба- бæрæг кодта Ирыстоп. Советтæй Иры зæхх ссæрпбар кæпыиы тыххæп йып уый размæ сусæг фембæлдтæ уыд йе ’мзæххопти- мæ, бæлвырд кодта иуæп-иу фарстатæ. Уыйадыл æрзылдп Скæсæйпаг вилайеттæ Хъарс, Агъыр æмæ пнпæтыл, лæгæй- лæгмæ бæстоп пыхас кодта ирæттнмæ. Совстоп Уæрæссйы йып зæрдæ бавæрдтой, фндар архайдæй Туркимæ ахастдзипæдтæ кæй спывыл кæпдзысты, уый тыххæй. Мæскуыпæ куы æрбаздæхт (12.11.—12.111.) Турчы фæсарæннаг хъуыддæгты мипистр, уæд ацыд Лопдопмæ. Сарæзта фембæлд- тæ, кодта хъуыддаджы пыхæстæ æмæ фæстагмæ йæ къухы баф- тыд Лпглпс æмæ Францимæ бадзырдтæ саразып. Уыцы панда- йаг бадзырдтæ цæттæ кæнгæпæ хъуамæ бахыицтаид туркаг хицауады фæпдтæ, уыдон та сæ хъус фылдæр дардтой немыцы ’рдæм. Афтæмæй зып уавæры бахауд æмæ йæ бахъуыд йæ куыстæй ацæуыи. Уыцы рæстæг Ататюркимæ дæр кæрæдзи хорз нал æмбæрстой. Фæстæдæр погæп сси вилайет Токаты депу- тат, Сæрибарады прогрессивон партийы уæпг, Сæрпбар тæр- хондопы тæрхоиылæг. Фæстагмæ политикои карьерæпыл пæ къух спста. Бекпр Сами Купдух кæм æргомæй, кæм сусæгæп мухадзыр- ты хъуыддагмæ кæддæрпддæр йæ хъус дардта. Бахъуаджы замап-иу сæ фарсмæ балæууыд. Ллыхуызоп дупсоп копферси- циты æмæ æфсизæгты æмбырдты архапдта тыпг зæрдиагæй. Зыпгæ адæймаг, пымад лæг уыди цæгаткавказæгты æхсæи. Исты хъуыддæгтыл дзургæйæ-иу алы хатт дæр пæ ныхасы сæр уыдысты ирæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй йæм иппæ æфсизæгтæ хæрам кодтой. Бекир Самн Кундух фæзиан Стамбулы. (81—82 ф.). Айдемир Иззетты пыхæстæм ма мæн уый бафтауып фæнды, æмæ 1921 азы, Мæскуымæ цæугæйæ, Бекир Сами йæ фæндаг æцæгæйдæр Иры зæххыл акодта. Уый размæ йып Турчы сусæг фембæлдтæ кæимæ уыди, цы пыхæстæ кодта, уыдæтты тыххæй махмæ пицы докумспттæ ис, фæлæ бæлвырдæй зопæм: йемæ æрбаласта Мамсыраты Темырболаты 11 æмдзæвгæйы. Хъыга- гæп, нæ фыццаг професспопалон поэты быптæй уыййеддæмæ 1920 азæп пыры опг пæ къухы æпдæр ппцы бафтыд. Нпчи рай- ста йæхимæ ацы ахсджиаг хъуыддагыл бафыдæбон кæпыпы хæс. Иры дзыллæ хæсджыпæй баззадысты ацы дыууæ адæпма- джы раз. Рухсаг уæит, мæрдты дзæнæты фæбадæнт! 5* 67
«Ахмед Чалыкаты (1882—1928)"'. Чалыкаты рангуырд’ Ирыстоны, у мухадзырты ирон фæлтæрæй. Рапдиан æмæ астæ- уккаг ахуырад рапста Терек-Калейы (Дзæуджыхъæуы). Боль: шсвикты революцийы фæстæ ныууагъта йæ райгуырæн бæстæ æмæ æрцарди Турчы, фæстæдæр та — Чехо-Словакийы. Иæ рæстæджы разагъды лæгтæй пу, Чалыкаты уыди зынд- гопд фыссæг, æмдзæвгæтæ, уацаутæ æмæ романты автор, стыр политик æмæ философ. Ахмсты разамыпдæп 1924 азы Прагæйы уырыссагау джиппы уадзын райдыдтой журпал «Кавказский горец». Цыбыр рæстæгмæ уый æрбангом кодта цæгаткавказæг- ты, кадджын æмæ нымад мыхуыроп оргæп ссп Чехо-Словакийы. Журналæп пæ мидис (уæлдайдæр та æфсизаг культурæйы тых- хæп уацтæ) уыди цымыдисаг æмæ вазыгджыи. 1928 азы Чалыкаты пæ куыст рахаста Польшæмæ. Сæ бы- иат раивтон йе ’мкусджытæ Барасби Байтуган, Джапбек Хав- зоко, Ибрахпм Чулпк, Бало Бплатти æмæ иппæтæ дæр. Уым рандыдтой уадзын ног журпал «Сæрибар хохæгтæ» («Нйг с!а^- Шаг»). Чалыкаты Варшавæйы куы фæзиап (1928 азы септяб- ры мæйы 2 боны), уæд, кавказæгтæн Европæпы (уæлдапдæр та Фрапцы) цы политикоп æхсæпæдтæ уыди, уыдоп, се ’ппæт дæр хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс ракодтой. Зæрдылдарипаг ма у уый, æмæ Зыпдгонд цæгаткавказаг Чалыкаты кæй уыд пысылмоп социализмы теорийы бындурæ- вæрæг». Уæлæмхасæп æрмæджытимæ лæвæрд иæуы Цæлыккаты Ах- мæты уац «Убихты сæфт»(«УиЫЫепп *>огшп(\и$и»). Автор фыс- сы, уырысы æфсæдтæй Туркмæ лидзгæпæ кавказаг адæмыхатт убихты иу къорд Сау денджызы куыд фæдæлдоп сты, уый тых- хæй (145—149 ф.). Ахмæт стыр сфæлдыстадоп æмæ публицис- топ куыст кæп кодта, уымæп æвдпсæнæп æрхæсдзынæп æрмæст иу дæпцæг. Нæ упиверситеты доцепт Тахъазты Валери мæ æрæджы базопгæ кодта журпал «Кавказский горец»-ы цалдæр номыримæ. Фыццæгæм помыры сæргæпдтыл афæлгæстæй дæр зыпы уыцы куыст (Ахмæты фыст æрмæг æз бахахх кодтон): «Обращспие к горцам Кавказа, эмигрировавшим в Аме- рику. От редакции. Охотпики за турами (Дигорская псспя). А. Кулебякин. Последнип урок. Измаил. Рисупок «Похищепие девушки», картипа горского худож- пика Саладипа Туганти. * Чалыкаты Ахмеды биографион бæрæггæнæптæ никуы сты. Лм дæмæй пайда кодтон, уыдон райстон алы уацтæй. (Айдемир Изетты фипп.). 68
Записки кавказца. Ромап из революциопион жизпи Кав- каза (отрывок). Цалыкаты Ахмед. (С. 17—33). Лбрек Гаха. Асланбек Шерипов. Мотивы поэзии Коста. Ахмед. (С. 37—40). Задачи горской интеллигенции. А. Ц. (С. 41—48). О галгаях. Галгай. Естественные богатства территории горцев Кавказа. 1. Горные богатства. Куртатаг. (С. 54—60). Полсзиые растспня Кавказа. Елмурза Бекович-Черкасский. Хронпка горской жизни. Горцы за граинцеп. Бапатн Гап- по жпвет под Берлнном и занят разработкой мопографии об ученом Шстрене. Бигати Бекмурза закапчивает труд «Россия и горцы Кавказа». Цалыккаты Ахмед закончил 1 том записок «КавкаЗ в огне революции», подготовляет к печати 1 том «За- писок Кавказца», закончил 1 часть труда «Горская республи- ка. Физико-географические, статистические и экономические очерки». Библиография: Коста. Ироп фæндыр. Берлии, 1922; Апд- рей Гулуев. В ночи бессоппые. Берлин, 1923; Осетинский ка- лепдарь иа 1924 г. Издатель Гутпаты Елбасдуко. Берлпп-Вла- дикавказ». Хъыгагæн, бирæ азты ацы адæймагæн (ахæмты «комы аргъ лæг» фæхоныиц) йæхи тыххæй дæр ницы зыдтам, йе сфæлды- стадоп бынтæ дæр уыдысты арф æмбæхст. Куыд дзурыпц, аф- тæмæй йæ амæлæты размæ, уæззау рыпчыпæп, Советон хицауа- дæй куырдта, цæмæй йыи Ирыстонмæ ’рбаздæхыпы бар -рад- таиккой, фæлæ «адæмы знаджы» курдпатмæ чи хъуамæ бай- хъуыстаид?! Ныгæд у Варшавæйы пысылмоп уæлмæрдты. Æп- пæты фыццаг Ахмæты рæстдзипады тыххæй æргомæп ныффы- ста поэт æмæ литературæиртасæг Джыккайы Шамил. (Альма- пах «Литературпая Осетия». 1988, № 72, 72—94 ф.) Бирæ пæ, фæлæ-иу уæддæр Ахмæты тыххæп цыдæр када- вар хабæрттæ æрыхъуыстам. Быптоп цымыдпсаг сты пе ’пнæ æмзæххонты хъуыддæгтæ æмæ хабæрттæ. Æргомæй пыл сæт- тын: базыдтоп сæ Апдемир Иззеты чипыджы фæрцы. Кавка- зæгтæн Европæйы уыд цалдæр æхсæнады. Сæ ахсджиагдæртæ 20—30-æм азты куыстой Парижы, Варшавæйы, Прагæй,ы фæс- тæдæр та — Берлины. Уыцы рухстауæг æхсæнæдты уæпгтæй иу уыди Байтугъанты Барысби. «Барасби Байтуган (1899—1986). Варшаваг къорды æпу- выддæр архайæг. Йæ царды дæргъы иудадзыг фæцархайдта пацийы хъуыддæгтыл. Барасби Байтугапы цардвæндаг райдыд- та Цæгат Ирыстоны. Уым, Дзæуджыхъæуы, райста астæуккаг ахуырад. Дарддæр ахуыр кæныпмæ ацыд Бетъырбухмæ, фæлæ 69
уæдмæ райдыдта болыиевикты рсволюцп æмæ фæстæмæ Иры- стонмæ сыздæхт. Сси æфсæддон æмæ ипæлар Врангелы хæйт- тимæ афтыд Хъырыммæ. Фæстæдæр, сæрибар Кавказ саст куы ’рцыд, уæд йæ ипнæ æмтохгæнджытимæ 1922 азы ныууагъта йæ фыдыбæстæ æмæ æрцард Чехо-Словакийы. Чехаг хицауады æххуысы руаджы уæлдæр ахуырад райста æмæ сси хъæууои- хæдзарадон индзылер. Хицауад ма ахæм уынаффæ дæр раха- ста, цæмæй лигъдæтты иптеллигепци æнувыддæрæй архайа йæ минæвæртты «Кавказаг хохæгты æххуысы æхсæпад»-мæ бакæ- ныныл. Уымæ гæсгæ 1926 азы имам Шамилы фырты фырт Саит Шамил (1901 —1981) сарæзта æмæ æхцайы фæрæзтæй баххуыс кодта æхсæпадон змæлд «Кавказаг хохæгты адæмон парти»- йæп. Барасби ацы змæлды архайæг сси æмæ дзы суанг Дыккаг дунеоп хæсты райдиапмæ рæбннагæн фæкуыста. Чысыл фæстæ- дæр, 1929 азы, Парижы джиппы уадзын райдыдтой уацты æм- бырдгоид «Прометей» («РготеШее»). Барасби .биноныгæй ар- хайдта йæ рауадзыпыл æмæ йын райдыдта уацтæ фыссын. Зындгонд философ, политик æмæ кавказиртасæг Ахмед Чалы- каты куы фæзиаи, уæд ацы куыст Байтуган раивта Польшæмæ. Уым сси журпал «Сæрибар хохæгтæ»-йы сæргълæууæг. Уыцы рæстæг Парижæй æрбаздæхтысты æмбырдгопд «Прометсй»-йы редакцийы уæнгтæ Ибрахим Чулик æмæ Мæхæмæтджери Сунч. Уыдоп уыдысты йе ’ххуысгæпджытæ. 1930 азæй фæстæмæ Байтугаи Варшавæйы ног журнал «Кав- казаг хохæгтæ» («КаГказуа с1а§П1аг») уадзын рапдыдта. Фæс- тæдæр ын йæ ном аивтой «Цæгат Кавказ»-æн («51таП КаГка- зуа») æмæ сси кавказаг лигъдæтты быпдурон мыхуыры оргæи. Дыккаг дунсои хæсты заман Берлиыы сарæзтой «Цæгаткавка- заг иациои комитет». Ацы æхсæиады зæрдæргъæвд кусæг уыд Байтугаи. Хæсты хæдфæстæ Барасби цыбыр рæстæг ацард Италийы, фæстæдæр Апглисмæ йæхи айста. Германмæ фæстæмæ æрбаз- дæхт 1953 азы æмæ æрцард Мюпхены. Уым æй кусыпмæ æрба- хуыдтой «Сæрибары Радио»-мæ («КасПо ПЬегН»). Уыди Цæ- гат Кавказы советон адæмыхаттыты хайады рсдакцийы сæргъ- лæууæг. Цæргæ-цæрæнбопты Барасби Байтугап зæрдиагæй фæкуы- ста йе ’цæг райгуырæн бæстæ — Цæгат Кавказы сæраппонд. Иæ царды нысаныл пымадта цæгаткавказæгты бахъахъæнын æмæ сæ баиу кæпып. Фæлтæрд публпцист æмæ дæспы политик йæ фæстæ ныууагъта стыр сфæлдыстадон бынтæ. Барасби Байтугап фæзиап Гермапы». Уæлæмхасæн æрмæджытимæ мыхуыргонд у йæ зонадон уац «Цæгаткавказæгты ралыгъд Туркмæ 1858—1865 азты» (151 — 156 ф.). 70
Ацы пыхæстæм бафтауинаг дæи, Байтугъапты Барысбийы рæсугъд удыхъæдыл чи дзуры, иу ахæм цымыдисаг хабар. Ду- нейы хорз зындгопд у апглисаг иранист, Абайты Васойы æрд- хорд æмгар профессор Бейли Харолд (Н. и^. ВаПеу). Иæ бирæ иртасæн куыстыты парахатæй пайда._кæны нрои æвзагæй. Уы- мæн, æмæ не ’взаджы цæсты гагуыйау хъахъæд æрцыдысты рагон ирайпаг знæмты сусæгдзиыæдтæ. Евразийы адæмыхат- тыты культурæиртасджытæн ирон æвзаг сæ куыст дзæвгар æн- цондæр кæпы. Ацы æууæл хынцгæйæ 1948 азы Апглпсы, Кем- бриджы упиверснтеты, байгом кодтой иранистикæйы кафедрæ. Сэр Харолд Бейли йе ’ргом радта ирон æвзагмæ, бæлвырддæр дзургæйæ та — йæ дыгурон здæхтмæ. Йе ’мкусæг профессор Гершевич Ильяимæ (Пуа Оег$ЬеУ1сИ) 1951 азы райдыдтой пе ’взаг ахуыр кæиын. Уыцы бонтæ мысгæйæ Гершевич фыста: «Профессор куы сдæн, уæд фыццаг æртæ азы мæ къухы бафтыд университетмæ ирон информаторæй кусынмæ Байтуган Барасбийы æрбахонып. Йæ хæс уыди (æмæ пæм иттæг бæрпон цæстæнгас дардта), цæ- мæй Бейли æмæ мæп, стæй ма, цымыдисаг кæмæн уа„ уыцы студентты дæр ифтопг кæна йæ мадæлон æвзаджы æрмæгæй... Бейлийæн, æвæццæгæн, йæхи ’мгар уыдаид, ахæм ахуыргонд лæгыл уымæн йæ цæст æрхæцыд Лондоны, хæсты фæстæ. Куыд Польшæйы Хæдбар Æфсадæй уæгъдгонд салдат, афтæ уый Лондонмæ æрбацыд Италийæ. Иæ райгуырæн бæстæ ныууагъта 1920 азы æмæ, Брпойы йæ ахуыр куы фæци, уæд, цалынмæ хæсты арт нæ ныгуыпп кодта, уæдмæ цард Варшавæйы. Дыгу- ропау сыгъдæг кæй зыдта, уымæй мах тыиг рамбылдтам. Бай- туганимæ нæ фæхицæныл фынддæс азы рацыд, афтæ, 1966 азы, Бейли Руставелийы юбилейы фæдыл Кавказы уыд æмæ салам раттыны цыбыр раныхас йæ боп баци иронау скæнын. Байтуганæп дæр ирои æвзагмæ нæ цымыдисдзипад стыр цины хос уыди. Иронмæ хæрз хæстæг чи лæууы, фæлæ раджы чи ферох, сакты уыцы æвзаг зæххыл Бейли йеддæмæ пичн зо- иы, уый куы базыдта, уæд фырцинæй Бейлийы ирон адæмы фыд рахуыдта. Куинз колледжы кабппеттæй иуы къулыл цы хуызист ис, уымæ гæсгæ ахуыргондæн æцæгдæр ахæм бакаст ис. Бейлийы уæлæ,— Тифлисы йын цы цухъа балæвар кодтой, уый. Зæгъæн дæр нæй, афтæ йыл фидауы...» («Вестник древней истории». 1990. № 4, 214 ф.). «Бало Билатти (...—...). Бало Билатти райгуырд Ирысто- пы. Рагæй-æрæгмæ сагъæс кодта, йе ’рдхæрдтимæ фæндтæ ны- вæстой, цæмæй Цæгат Кавказ дæр иниæ паддзахæдты хуызæн уа сæрибар. Фæстæдæр, райгуырæн зæхх ныууадзгæйæ, æрбы- нæттон Чехо-Словакийы, уый фæстæ Польшæйы, бæлвырддæр 71
та — Варшавæйы. Ипиæ кавказæгты æхсæп бæрæг дардта йæ культурон ахастæй æмæ идеалистоп хъуыдытæй. Варшавæ æмæ Парижы уагъд æфспзаг журпалтæ ирдæп æвдыстоп кавказæг- ты зопдахаст. Цы уацтæ мыхуыр кодтой, уыдон махæн пыртæк- кæ тыиг зынаргъ сты. Сæрмагопдæй та ацы иыхас хауы, Бало Байтуган Барасбнпмæ кæй рауагътой, уыдонмæ. 1938 азы, Вар- шавæны, цыбыр рæстæг дыууæ æвзагыл джиппы уагъд цыди журнал «Сидт» («(^адтз»). Йæ редактор уыди Бало. Хæсты рæстæг бирæ фæкуыста Гермапы алыхуызоп уагдæтты æмæ чпныгуа’дзæпты. Уый фæстæ ацыд Лмырыкмæ æмæ уым æрцард. Биллатти Балойы уырныдта (æмæ уый тыххæй архайгæ дæр тыпг кодта), искуы, фидæпы, сæрнбар цæгаткавказаг адæмы- хаттытæ кæп сараздзысты иумæйаг Цæгаткавказаг Цæдис. Фæ- лæ Кавказы автопомоп республикæтæ æмæ облæсттæ куы фæ- зыпд, уæд æм рæсугъд фидæны тыххæй цы фæпдтæ уыд, уыдо- ныл йæ къух ауыгъта. Нациоп уидæгтæй рантысгæ хъуыды цард пал федта. Кавказаг адæмтæп иумæйаг уидæгтæ уыд, фæлæ сæ сæрмагопд паддзахæдты расидт кæрæдзипæ хицæп кодта. Ацы дæпцæгтæ мæлæтæй фыддæр разыпдысты æмæ Билаттины фæпдты сырæзып пæ бауагътой. Йæ алыхуызоп уац- ты æнцопæмбарæп æвзагæй фыссы, ацы фарстамæ цавæр цæс- тæнгас дары, уый тыххæй». Уæлæмхасæиæп чиныджы лæвæрд цæуы Балоны стыр уац «1918 азы 11 бон Цæгат Кавказы» (171 —182 ф.). Уым Бало лæмбынæгæй дзуры, кавказаг адæмтæм хи паддзахад саразы- ны тыххæй цы рагоп бæллиц уыди, ууыл. Билаты Бало Цæгат- кавказаг сæрибар хохæгты республикæпы историйæ æрхаста бындуроп цаутæ. Уыдопы тыххæй Брытъиаты Елбыздыхъо дзу- ры йæ уац «Æфсымафдзипад»-ы, рауагъта нæ «Ироп газет»-ы. Фæстæдæр, 1982 азы, Елбыздыхъойы «Уацмысты» (Орджопи- кидзе: Ир, 95—97 ф.) дыккаг томы погæп джиппы уагъд æр- цыд. Хъыгагæн, уымæй уæлдай Балойы тыххæй мæ боп ницы у зæгъын. Æрмæст базыдтоп: Билапы-фырт йæхæдæг нал ис, фæлæ Амырычы, Лос-Апжелесы, цæры пæ идæдз Билаты Бацæ. Чи зоны, æмæ йæм йæ сæрыхицауы публицистоп бынтæй исты баззад. Каэй зæгъып æй хъæуы, абоны пымадæп нын тыпг цы-• мыдисаг уаиккой. Афтæ уымæп зæгъын, æмæ нæ псторийы,; иуæй-ну цаутæ æмæ хабæрттæн уыдоп æндæрхуызон аргъ код- той. Историоп рæстдзипад сбæрæг кæпыпæп стыр ахъаз уаид дыууæ цæстæнгасы кæрæдзиуыл абарын. Куыд уыпæм, афтæмæй, 20—30-æм азты кавказаг эмиграци^ Варшавæйы джиппы уагъта цалдæр журпалы. Уыдоп цыдысты дыууæ ’взагыл, алы номыры дæр æрмæг уыди туркагау æмæ. 72
уырыссагау. Æртæйæи дæр редактортæ уыдысты ие ’мзæххон- тæ: Цæлыккаты Ахмæт 1928 азы разамынд лæвæрдта «Сæри1 бар хохæгтæ»-н («Нйг с1а^Шаг»), Байтугъаиты Барысбп — «Кавказаг хохæгтæ»-н («КаГказуа с1а§1Паг»), 1934 азы майы мæйæ фæстæмæ та — «Цæгат Кавказ»-æп («ЗппаН КаГказуа»), Билаты Бало 1938 азы уыд журнал «Сидт»-ы («(^адтз»), ре- дактор. Ацы хъуыддаг бахыпцинаг у ироп журпалистикæ æмæ профессиопалон культурæйы нсторийы. Айдемир Иззет иып йæ чипыджы дзуры иипæ журпалты редактортæ æмæ авторты тыххæй дæр. Ранымадта мæнæ ахæм пæмттæ: Байаты Гаппо, Карсанты Тебу, Куындыхаты Айтег, Фæрниаты Цæлæт, Хъуылаты Адылбег. Автортæй дыууæйы фæсномыгæй рахуыдта Батчери æмæ Ацæмæз. Иннæ пысылмон иæмтты ’хсæн мæм адоп цыдæр иропхуыз фæкастысты. Ацы рæнхъытæ кæсгæпæ адæймаг æнæмæнг ахъуыды кæпы, зæгъгæ, уыйбæрц ирон нæмттæ кæм уыд, _уым ма дзы, æвæццæ- гæп, поджыдæр разыиид. Цымæ цы хуызы афтыдысты уыдон Польшæмæ? Уырдыгоп хицауад сæ куыд уагъта æхсæнадон- политикон куыст кæнып? Ацы фарстатæн мæ бон у цыбыр, уæлæпгай дзуапп раттын. Польшæйы абон дæр уадзыпц сæрмагонд журпал «Пысыл- мæтты цард» («2усе тизЫтапзке»). Æрæджы йæ сæйраг ре- дактор Хазбиевич Селим бацæттæ кодта цымыдисаг зонадон куыст «Паптюркизмы ахастдзипæдтæ Польшæимæ». Архивон æрмæгæй пайда кæнгæйæ уый бинопыгæй равдыста, 20—30-æм азты польшæйаг хицауад Уæрæсейæ алидзæг тæтæр æмæ инпæ пысылмои эмигранттæн куыд æххуыс кодта, уый. Зæгъæм, Пил- судский Иузефы разамынд æмæ активон архайды фæрцы Поль- шæйы æрæмбырд сты уыцы лигъдæттæн сæ иителлектуалон тыхтæ. Уыдоны руаджы пантюркизмы копцепци æфтыд æрцыд иумæпаг аптитоталитарои гуманистоп тыхтыл. Чи зоны, Хаз- биевмч Селимы концепци иæм гуырысхойаг фæкæса, фæлæ ирон адæмæй змæст замапты сæ сæртæ æфсиайыимæ цал æмæ цал ахуыргоид лæджы алыгъд кæм Туркмæ, кæм Европæмæ, уый хынцгæйæ иып ацы дæпцæгтæ æмæ хъуыдытæ æнцондæр æм- барæн уыдзысты. «Тамби Елекхоти (1889—1952). Елекхоти Тамби райгуырд Цæгат Кавказы, Дыгуры, пу размæдзыд бинопты æхсæп. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимпазы, уый фæстæ, Бетъырбухы уни- верситеты юридикои хайад каст фæугæйæ, 1913 азы æрыздæхт Ирыстонмæ. Юридикон хъуыддаджы архайгæйæ бирæ хорздзи- иæдтæ сарæзта рæстдзипады сæрвæлтау. Йæ хорзы кой дардыл айхъуысти. Ахуыргонд æмæ номдзыд æвдакат Елекхоти Тамби уыди 73
рæстзæрдæ адæймаг, диссаджы уды хицау. Зæрдæйы тæгтæй уыд æнгом баст йæ райгуырæн зæхмæ, йæ сæйраг бæллиц — фидæпы йе ссæрибар кæнын. Уыйадыл сси паддзахады ныхмæ арæзт сусæг къорды уæпг æмæ æргомæй йæхи равдыста æцæг революционерæй. Фыццаг дунеон хæсты рæстæг бацыд æфсады рæихъытæм. Уæрæсейы революци куы райдыдта, уæд, Бетъырбухы уæвгæ- йæ, революциои зилдухмæ бахауд. Ие ’нувыд куысты фæрцы дзы ахсджиаг быпат æрцахста, фæлæ æрыгон патриоты нæ ба- фæндыд Уæрæсейы фæстиат кæнын æмæ, йæ райгуырæн бæстæ ссæрибар кæныны хъуыдыимæ, æрыздæхт Кавказмæ. Цыбыр рæстæгмæ сси Цæгат Кавказы национ комитеты разамынды уæнг. Йе ’мкусджытæ, йе ’мхъуыдыгæиджытæ бæллыдысты наци- он фарстатæ алыг кæнынмæ. Стыр æргом аздæхтой сæрибар, демократи æмæ адæмон иудзинады фарстатæм. Уыцы иу рæс- тæг паддзахы инæлар Деникин æмæ йæ хъузæттæ ныниырх кодтой большевнкты æмæ сæ хæхтæм басырдтой, фæлæ фæс- тæдæр, æфсадимæ тох кæпгæйæ, сырх партизантæ фæуæлахиз сты æмæ æппæт рæтты дæр расидтысты советон хицаудзинад. Тамби уыцы уавæримæ не сразы æмæ йæ фыдыбæстæ ныууагъ- та — алыгъд раздæр Туркмæ, уырдыгæй та йæ фæндаг акодта Францмæ. Уыйадыл национ сæрибарыл йæ æвæллайгæ куыст дæр Францмæ раивта. Дыккаг дупеон хæсты замап йæ архайд фæуæрæхдæр. Иуæй, бирæ фыста периодикон мыхуыры Кавказ ссæрибар кæныны тыххæй. Иннæмæй та — удуæлдайæ аудыдта кавказаг лигъдæт- ты ног фæлтæрыл, уæлдайдæр та,— уацары чи бахауд, ахæм хæстоптыл. Йæ бон цæмæйдæриддæр уыди, уымæй æххуыс кодта уыцы мæгуыр æмæ тæригъæддаг уацайрæгтæн. Афтæмæй, бын- тон чи æрлæмæгъ, йæ уды тых кæмæн асаст, уыдоны зæрдæты стыр ныфс уагъта йе ’ргом æххуысæй. Хæсты размæ бирæ уацтæ ныммыхуыр кодта Варшавæ æмæ Мюнхены кавказаг журналты, уый размæ та Парижы, журнал «Кавказ»-ы («Ье Саиса,зе»). Уымæй уæлдай ма уыди «Цæгат- кавказаг пацион комитет»-ы францусаг хайады сæргълæууæг дæр. Бирæ азты æнхъæлмæ кæсгæйæ фæрынчын æмæ 1952 азы майы мæйы 1 бон 63-аздзыдæй, йæ райгуырæн зæхх мысгæйæ, ахицæн йæ дунейæ. Кæд йæ царды фылдæр æмбис Парижы арвыста, уæддæр ын æцæгæлонæй баззад. Парижы районтæй йæ кæцыдæры бавæрдтой. Кавказ æмæ йæ адæмы хъысмæтыл бирæ ныффыста, фæлæ хъыгагæн, уыцы стыр сфæлдыстадон бынтæ рохуаты баззадысты» (197—198 ф.). 74
Айдемир Иззет хъынцъым кæпы, Елехъоты Тамбийы бып- тæй бирæ цыдæртæ кæй нæ зоны, уый тыххæй. Мæн та уый зæгъын фæнды, æмæ пæхимæ, Ирыстоны, ацы лæджы кой æп- пыидæр кæй ничи кæпы. Æгæр рог рауадыстæм ирон профес- сионалон культурæмæ кæсгæйæ. Афтæмæй та ацы чиныджы ссардтоп Тамбийы иу уацы сæргонд — «О самоопределении горцев Кавказа и, в частпости, осетин» (1936). Æрмæст ацы рæнхъ йæхæдæг дæр бирæйы аргъ кæм у, уым цымæ уацы хъуыдытæ кæуылты уыдзысты?! «Али Хан Кантемир (1886—1963). Цæгат Ирыстоны, Хъæ- рæгъæцыхъæуы, 1886 азы майы мæйы 9 бон райгуырд Али Хан Кантемир. Дыгурон æлдæрттæй уæвгæйæ астæуккаг ахуырад райста Дзæуджыхъæуы гимназы, уæлдæр юридикон ахуырад та — Бетъырбухы упиверситеты. 1918 азы цыбыр рæстæг ацард Бакойы, Азербайджапы фыццаг пацион хицауады сæргълæууæг Хойлу Фетхали Ханмæ куыста æххуысгæнæгæй. Уым йæхи уæл- дай хуыздæр равдыста политикон æмæ хæстон дæсныйæдты. Большевиктæ Кавказы хицаудзинад сæхимæ куы райстой, уæд Каптемир Стамбулмæ алыгъд. Стамбул æмæ Анкарайы цалдæр азы зæрдиагæй фæкуыста кавказæгты мидцарды фарстатæ лыг кæнгæйæ. Турчы хицауад ын уый хорзыл иæ банымадта, æмæ Али Хан йæхи айста Германмæ, æрцарди Берлипы. Уым ма кав- казаг интеллигенцийæ чи уыд, уыцы къорды 1934 азы бафæндыд сæхи журнал уадзын. Журналы вазыгджын куыст бабар кодтой Али Ханæн. Хæсты заман Уæрæсейæ уырдæм афтыд мингай уацайрæгтæ. Уыдонæн сæ дзæвгар хай немыцимæ æмгуыстгæ- нæг æхсæиад «Цæгаткавказаг национ комитет»-ы руаджы служ- бæмæ бацыдысты «Кавказаг легион»-мæ. Кæд Али Хан Кан- темир политикон куысты лæуд уыди, уæддæр иацизмы тыххæй хорзæй никæд ницы загъта. Хæсты фæстæ цыбыр рæстæг ацарди Швейцарийы, стæй æрбаздæхт Гермаимæ, Мюнхенмæ. 1961 азы уым раздæры «Цæ- гаткавказаг национ комитет»-ы уæнгтæ иогæй æрæмбырд сты æмæ расидтысты «Сæрибар кавказаг комитет», фæстæдæр æй рахуыдтой «Иугонд Кавказ» æмæ райдыдтой журнал уадзын. Бирæ азты дæргъы цыди англисаг, уырыссаг æмæ туркаг æв- зæгтыл. Журналы сæргълæууæг уæвгæйæ Али Хан Кантемир йе ’рдхæрдтæ æмæ не ’ххуысгæиджытимæ архайдта къорд æх- сæнадон иугонды царды дæр (уыдонимæ — «Америкаг культу- рон комитет», парижаг къорд «Прометей» æмæ æндæртæ), цæмæй сын уыдон се ’хсæнад сæхионыл пымадтаиккой æмæ сын æхцайы фæрæзтæй æххуыс кодтаиккой. Уымæй уæлдай ма баст уыдысты журиал «Ал-меджелле»-йы редакциимæ дæр. Араббаг æвзагыл æй уагътой «Советоп Цæдисы цардиртасæн институт» æмæ парижаг къорд.
Алп Хап Каптсмпр зæрдæпизæп амард 1963 азы апрелы 16 боп». Уæлæмхасæнæн чниыджы мыхуыргонд у йæ уац-афæл- гæст «Кавказ» (223—228 ф.). Бнрæ фæдзурæн ис Айдемир Нззеты чипыджы тыххæй, фæ- лæ йæ уæд æнæхъæпæй ратæлмац кæнып хъæуы. Ам æз ракод- топ, чипыджы кæуыл дзуры, æрмæст уыцы ирæтты кой. Апде- мнр Иззетæп рохуаты пæ баззадысты æмæ сæ махæн дæр нæ зæрдыл æрлæууын кодта. Ацы Хуыцауæп æхцон хъуыддæгтæ аразæг стыр зрфæпы пыхасы аккаг у æмæ йып Иры дзыллæйы помæп стыр бузныг зæгъын. Æвæдза, куыд диссаг у цард! Уæд, кæйдæр гуымиры зоп- дæй, нæ професспопалоп культурæйы хуыздæр минæвæртты фесæфтам. Ныр сæ иугап æмбырд кæнæм: Байаты Гаппо, Быр- пацты Алыксандр, Гæздæпты Алоккæ æмæ Гайто, Дзантиаты Джамбот, Сеойты Никъала, Токаты Гокки, Тугъанты Мусæбег, Цæлыккаты Ахмæт... Ныр, Иззеты зæрдиаг фæллойы руаджы, базыдтам рохуаты уæвæг лæгтæй цалдæры нæмттæ. Цымæ ма рохуат уæвджытæ цалæй æпхъæлмæ кæсынц сæ радмæ? Айдемпр Иззеты чиныг «Æфсизаг мухадзырты рухстауджы- тæ» кæсгæйæ ахæм хатдзæг скодтоп: ироп адæпмаг кæцыфæп- ды бæстæйы дæр йæ ахуыргонддзипадæй, йæ куыстæй, йе ’гъдауæй йæхицæн пом æмæ цыт скæпы. Кæй кой ракодта, уыцы лæгты хъысмæттæ уымæп ирд æвдисæн сты. Ныр ахæм рæстæг ралæууыд æмæ пæ разагъды лæгтæ хъуамæ мауал уой кæйдæр хуымы цыргъ æхсырфытæ. Афон у æмæ бамбарæм пæ- хи дæр æмæ пæхионы дæр. ®
Сфæлдыстадон бынтæ РУХСТАУÆГ (Колыты Аксойы райгуырды 170 азмæ) Колыты Бесæйы фырт Аксо райгуырди 1823 азы Нарыхъæуы. 1839— 1845 азты ахуыр кодта Калачы дины семинары. Каст æй куы фæци, уæд ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы дины скъо- лайы. 1849 азы сси уыцы скъолайы хицау. Бирæ фыдæбон кодта ирон адæ- мы ’хсæн ахуыры рухс тауыныл. 1862 азы йæхи хæдзары, стæй йæхи хар- дзæй байгом кодта райдайæн (дыууæкъласон) скъола ирон сылгоймаг-фæ- сивæдæн — уыди дзы ссæдз чызджы. Аксойы амарды фæстæ скъола сси æртæкъласон, йæ хæрдзтæ та йын йæхимæ райста «Чырыстон дин Кавказы йæ къахыл слæууын кæныны æхсæнад». Аксо амарди 1866 азы. Йæ æхсæны куыст æмæ сфæлдыстада?н ын стыр аргъ кодтой Гæдиаты Секъа, Хетæгкаты Къоста æмæ иннæтæ. Джиппы уадзæм, Секъа Аксойы тыххæй цы уац ныффыста (1915 азы), уый æмæ Агсойы æм- дзæвгæтæ. Мыхуырмæ сæ бацæгтæ кодта Хъодзаты Æхсар. Æмдзæвгæты текстты сраст кодтам хицæн быпæттæ, ритмикон къуыхцытæ, иунктуацион рæдыдтæ. Зæгъæм, «Мадымайрæмы ьады зарæджы» иуæндæсæм строфайы фыццаг рæнхъы нæ уыди дзырд «арвы», Уый, æвæццæгæн, «Чырыстон цард»-ы рæдыд у æмæ йæ аиуварс кодтам. «Мах фыд», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы æртыккаг строфайы фæстаг рæихъ ныронг мыхуыргонд цыди афтæ: «Æмæ нæ хъахъæн Дæхи Сенрачæн». Цы амоны фæсгаг дзырд? Ничи йын ницы зокы. Мах æркастыстæм Аксойы къухфьхгмæ (ЦИГРИ-йы архкыы) а?мæ федтам: «Сенрадæн»-ы бæсты уым ис «Стырадаж». ГÆДИАТЫ СЕКЪА КОЛЫТЫ САУДЖЫН АКСОЙЫ ТЫХХÆЙ ЦЫБЫР ДЫУУÆ НЫХАСЫ «Чырысгоп цард»-ы 1-аг помыры бакастæн Кольпы сау- джын Аксойы С1нхтæ. Кæд йе стихгы фæлгуыртæ зарæджы уылæнгæй нæ улæфынц, уæддæр йæ дзырдтæ зæрдæ агайынц æма^ сæры магъ>>1>1 /иæпгæрæгау замлапг кæныип. Пæ зæрдæпы рангуырæн бæсты туг ца\джджипагау фыхг æ*мæ чъырсудзæнау пиллоп уагъта йе ’мбæстон ирон адæмы 77
мæтæй. Æхсæв иæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуым- ты зæрватыккау ^аЦех-збатæх^кодта, цæмæй сиу кодтаид чырыстон дины уырньшдзинады -руаджът армыдзаг æмæ хæ- лиугонд ирон адæмы; цæмæй сæ царды уаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл йæхи хъардта. Рухсаг уæд, Аксо хорз зыдта, ирон адæм чырыстон ди- нæй куы баиу уыдаиккой Иры пысылмæттимæ, уæд сæм цард йæ мидбылты кæй бахудтаид, уый, æмæ уæд кæй разындаик- кой стыр Уæрæсейы астæу иннæ зынгæ адæмты хуызæи, ууыл гуырысхо нæ кодта. Фыста ирон чингуытæ, ирон стих- тæ, æмæ уымæй хъæздыг кодта ирон литературæйы. Иу хатт æм лæппуйæ Къоста бацыд æмæ йæ стихтæ фыс- гæ баййæфта; уыцы сахат Къостайæн ирон стихтæ йæ зæр- дæйы ахстон акодтой æмæ райдыдта йæ. «Чи дæ?» фыссып. Къостайы æргъæвд зæрдæ æмæ хъуыдытæй хъæздыг зондæн чысыл хъуыд фæцагайынæн, æмæ уый фæстæ йæ «Ирон фæн- дыр»-ы равдыста æгас Ирыстоны сагъæстæ, цы йæ хъыгдард- та æмæ цы рæвдыдта, уыдæттæ иууылдæр. Фарн æмæ фыд- былыз кæрæдзийæп знаг сты, æхсæв æмæ бон кæрæдзиуыл хæцынц, Аксойæн йæхи хуызæи хъæбатыр фæтæг пысылмæт- ты ’рдыгæй дæр фæзынд—Куындыхаты Муссæ. Æгас ок- руджы хицау уæвгæйæ Муссæ пысылмæтты фарс фæци, Аксо та чырыстæтты. Дыууæ хъæбатыр домбайы Ирыстоны уарзон- дзинады рохы кæрæттыл фæхæст сты æмæ йæ кæрæдзимæ ратон-батон кодтой. Стыр зоиды хицау уыди Аксо, фæлæ йын нæ бантысти йæ фæллойдыргътæ фенын, йæ хъуыддæг- тæ æрдæгыл баззадысты. Чи зоны, Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид, Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæ- рæзтаид. Фæлæ йæ ’нафоны мæлæт æрцахста. Фыдбылызау фестæм дыууæ дихы: лæг йæ разы куы ’рæвæра дынджыр хохдур æмæ йæ куы ныссæтта, уæддæр дзы стыр къæрттытæ разындзæп, фæлæ йæ тыхджындæр куы ныммур кæна, уæд ма дзы цы баззайдзæн? Ницы, йæ муртæ дæр зæххы дæргъ- дзинады фесæфдзысты,— мах дæр уый хуызæн: нæхи куы байуарæм алы динтыл, уæд иу къорд афонты фæстæ Иры- стоны ном фесæфдзæн. Нæ амонды хос уый уыдаид, æмæ не ’мæвзаг ирон адæм иу диныл лæуд куы фæцадаиккой, уæд. Аксойы зонды фæ- дыл куы ацыдаиккам, уæд Иры дзыллæйæп сæ царды хæрз- бонæн бирæ ахъаз уыдаид, стæй сæ кæрæдзийы уарзондзи- над дæр фылдæр уыдаид æмæ уаид; адæнмаджы цард та уарзондзинадыл арæзт у. Бузныг дæн «Чырыстон цард»-ы рсдакторæй, нæ фыццаг хъæбатыр фæтæг Аксойы цæстысы- гæй фыст стихтæ æмæ таурæгътæн, кæмдæр архивы чи схъуы- на, уыдоиæи рухс чи фенын кодта. 78
КОЛЫТЫ АКСО МАДЫМАЙРÆМЫ КАДЫ ЗАРÆГ 1. Уæ Мадымайрæм! Мах Дæумæ кувæм, Дæумæ дзыназæм! Уæ не ’Хсин, уæ не стыр ныфс, Мадымайрæм1 Мах æмхуызонæй Дæу ыстыр кæнæм, Дæу ыстауæм. Дæу аккаг дзырдтæ кæцæй æрхæссæм, мах кæм ыссарæм? Дæ кадмæ гæсгæ Дæуæн æгъдауæй мах куыд ысзарæм? Не ’взаг къуымых у, нæ дзырд мæгуыр у Дæуæн кувынæн. Нæ хъару чысыл у, нæ уонг мæллæг у Дæуæн кувынæн. Фæлæ Дæ курæм, ахъаз нын бакæн бафæзмынæн, Мæгуыр æвзагæй фыдæлтимæ афтæ зарынæн: 2. Уæ не стыр Æхсин, Дæуæй циндзинад зæххыл рарттывта! Нæ рагон æлгъыст Дæ уды фæрцы Хуыцау фсхæлдта. Ахауд Адамы дæлзæххы бынæй арвмæ фелвæста. Кæугæ Евæ йæ цæстысыгтæ Дæуæй асæрфта. 3. Цин хъуамæ кæнай — Дæхæдæг ысдæ арвæй бæрзонддæр! Кæдæм не ’ххæссы лæджы зонд нæ, фæлæ зæдты зонд дæр, Кæй онг нæ уыны лæджы нæ, фæлæ зæдты цæст дæр, Кæмæн нæ зыны Йæ рухсы разы хуры рухс дæр! 4. Цин хъуамæ кæнай — Ды ныллæууыдтæ уæларвон асин, Кæуыл æрхызти уæларвæй зæхмæ Хуыцау Йæхæдæг. Æмæ байдыдтой Дæу ыстауджытæ зындоныл хизын, Ныллæууыдтæ сын уый сæрыл хидæн Ды Дæхæдæг. 5. Цин хъуамæ кæнай — Дæуæй райгуырди цард ысфæлдисæг Хуыцау Йæхæдæг, æппæты дарæг æмæ уромæг. Дæхæдæг та сдæ Уымæн Йæхицæн Йе стыр ныййарæг — Адæм æппæтæн æнæ сæрыстыр бæлвырд кувинаг! 6. Цин хъуамæ кæнай — Ды дзы фæзындтæ дзыллæйы æхсæн Æцæг Хуыцауæн аипджын зæххыл сыгъдæг бынатæн, Бæлвырд фæзындтæ æгæр сабырæй дунейы кадæн Æмæ нын ысдæ бæлвырд райдайæн не ’нусон цардæн. 7. Цин хъуамæ кæнай — Дæуæй ыстауынц сæхи чызджытæ, Сæхи Дыл фæдзæхсынц сæ зæнæгим’æ зæххон чындзытæ. Дæу ыстыр кæнынц Дæуæй хорзгæндтæ зæронд устытæ, Æмæ Дæм кувынц зæрдæйы бынæй Дæуæй бузныгтæ. 79
8. Цин хъуамæ кæнай — Дæ фæрцы талынг зæххыл ысрухс и. Нæ чъизи зæрдæ Дæ фæрцы митау махæн ысурс и. Раст дины æгъдау Дæ фæрцы махмæ арвæй æрцыди. Нæ бæрзонд Хуыцау тæригъæдджынтæм Дæуæй басидти. 9. Цин хъуамæ кæнай — зæххыл æрзадтæ, хосы дидинæг, Дæ уынд адæмæн æцæгæй фæци æвдадзы хосæн. Бæлвырд рабады æвзæр фыднизæй Дæ номмæ сидæг, Уый тыххæй æмæ Дæ ном æвдадз у арвæй зæххы ’хсæн. 10. Цин хъуамæ кæнай — Дæуæй равзæрди сæфт царды бæлас, Нæ тæригъæдтæ дзæнæты дуар кæмæ сæхгæдтой. Адамы хъæдгом, Евæйы æфхæрд Дæ фæрцы бЛгас. Дæ фæзынынмæ дæлдзæхæй арвмæ уымæн куы куывтой. 11. Цин хъуамæ кæнай — Дæ ном айхъуысти (арвы) кæрæтты! Ахæм зæхх нал и, Дæ кой кæм нæй, Дæу чи нæ зоны, Дæу тæхудиаг, ыстыр амондджын кæм нæ хуындæуы, Æмæ Дæ номыл сыгъдæг кувæндон кæм нæ чындæуы. 12. Цин хъуамæ кæнай — Дæуæй фегуырди царды суадон! Бæстæн разынди æцæг, бæлвырдæй хосы хæзнадон. Уымæй нуазæг нæ бацагурдзæн æндæр хуыздæр дон, Тæхудиаг у, афтæ чи зæгъы: уымæй бафсæдон. 13. Цин хъуамæ кæнай — Ды махæн ысдæ удджын кувæндон, Æртæйыонæн æмбисонд, сыгъдæг бадæндон, Кæмæн у уынгæг дуне æгасæй йæ арвы кæрон, Дæумæ ыссардта йæхимæ гæсгæ сыгъдæг бадæндон. 14. Цин хъуамæ кæнай — Дæуыл ысхаудта амондджыны хал! Дæуыл æрæнцад чызджыты æхсæн Хуыцауы фæндон, Дæ гуыбын ысси аудынгæнæг ыстыр доны мал, Хуыцауы дзырдæн æнæаипп æмæ сыгъдæг уазæгдон! 15. Цин хъуамæ кæнай — Дæхæдæг ысдæ ыстыр минæвар! Фыд-зондджын адæм сæ Хуыцауимæ кæмæй фидауынц, Кæй фæрцы арынц уæлдайджынимæ сæ рагон лæвар - Æмæ сæхиуыл сæ рагон хæстæ кæй нал нымайынц. 16. Цин хъуамæ кæнай — ыстыр сусæгад кæуыл раргом и! Æнæмбаргæ ми адæмы æхсæн кæуыл æрцыди, Ахæм хъуыддæгтæн æнаипп бынат кæм цæттæ и, Фыццагон Дзырдæн æнаипп буар кæмæ разынди. 80
17. Цин хъуамæ кæнай — аргæ-арын дæр хæрз æнæнизæй, Арды фæстæ дæр сыгъдæг æнаипп æнæхъæн чызгæй Баззадтæ зæххыл ыстыр диссагæн æцæг сыгъдæгæй! Махæн неппæтæн Чызгон Мадæлтæй бæрзонд кувгæйæ. 18. Цин хъуамæ кæнай — Херувимтæй дæр цытджындæр уæвæг, Зæдтæ, дауджытæй Хуыцауы,разы бæрзонддæр кувæг! Иæ куывдтæ махæн Уымæ Дæхæдæг бæлвырддæр хæссæг Æмæ нын Уымæй ыстыр хæзнатæ, хорзæхтæ курæг! 19. Цин хъуамæ кæнай — Дæуæй фехæлди хæнрæджы къона, Йæ тых фæкуынæг, йæ хъару асаст, цы ма ракæна, Йæ рагон фыдгонд дзæгъæл куы фæци, цы ма, цы кæна, Йе ’лдардзинадæй йæ къух фæивгъуыд — цæрддзу фæкæна! 20. Мах дæр цин кæнæм: ахæм тыхджынæй Ды махæн кæй Дæ, Арвæй зæххы ’хсæн ыстыр хæзнайæн, ыстыр хæларæй! Ды кæддæриддæр Дæ кадджын фыртæн Йæ цуры кæй Дæ, Кæмæй нын курыс алыхуызон хæрзтæ махæн, мæгуыртæн. 21. Амондджын уаид — Дæуæн зæрдæйæ лæгъстæ чи кæнид, Йæ куывд, йæ лæгъстæ ахæм искæмæн дзæгъæл нæ фæуид, Ыстыр хæрзтæ йыл йæ куывдмæ гæсгæ бæргæ æрцæуид, Ды рæдау кæй Дæ, уый йæхи цæстæй æцæг куы фенид. 22. Фæлæ мæгуирад махæн нæ фæдыл цæугæ куы кæны. Дæуыл цытæ сси, нæ фылдæр ууыл кæлгæ куы кæны. Æнæмбаргæйæ уыдонæн йæхи дæсны куы хоны, Ахæм хъуыддæгтæ уырныны бæсты зонды агуры. 23. Æмæ афтæмæй Дæуæн Де стырад ницæмæ дары, Йæхицæн хорзæй Дæуæй йæхæдæг куы ницы ’нхъæлы. Йæ зæрдæ хъалæй, йæ зонд цыбырæй афтæ куы зæгъы: Цы дзы ракурон, йæ бон цы суыдзæн, цы мын ратдзæни? 24. Афтæ нæ хъæуы, цæмæн рæдийæм, цæуылнæ зонæм? Нæ бахъуаджы Уымæ зæрдæйæ хъуамæ ыздæхæм, Нæхицæн хæрзтæ Уымæй, уырнгæйæ, хъуамæ курæм Æмæ хæларæй, фæлмæн зæрдæйæ хъуамæ зæгъæм: 25. Уæ Бæрзонд Æхсин! Ахъаз нын бакæн Де стыр хорзæхæй! Фервæзын нæ кæн Дæ тыхджын куывдтæй нæ уынгæг бонтæй! Æрæмбæрз нæ-иу нæ бахъуаджы Дæхи ’мбæрзæнæй Æмæ нын фæсур фыдбылыз дардмæ нæхи зæрдæтæн! «Чырыстон цард», 1911 азы август 6 Мах дуг № 5—6 81
МАХ ФЫД Нæ уæларвон, нæ уарзæгой Фыд! Дæуæн арв у Дæ бæрзонд бадæн! Кæрæй-кæронмæ дунейы афтид Циу, уымæй æгасæй — Дæ къæхты ’нцайæн. Сыгъдæг æрттивæд хуры тынтау, Дæ ном нæ мидæг иууыл сыгъдæг, Дæ Хуыз нæ удты, зæдты удтау Махæн дæр фæуæд зæрдæрухсгæнæг. Æрцу махмæ, Де ’нусон цадæй, Æрæвæр не ’хсæн Дæ бæрзонд бадæн, Паддзахад ныл кæн Дæ хорз фæндонæй, Æмæ нæ хъахъæн Дæхи Стырадæн. Нæ цард, нæ мæлæт, нæ уд æгасæй Дæуыл æфтауæм нæ буартимæ, Араз нын нæ цард Дæхи фæндонæй, Æмæ нæ фæндаг Дæ фæндæгтимæ. Уром нын нæ цард Дæ зæххон хæрзтæй, Удæй, буарæй нæ алцæмæн дæр, Дæтт нын алыбон æнæхъаджджынæй Дæумæ кувджытæн, нæ алкæмæн дæр. Бар нын Дæхæдæг не ’взæр ракæндтæ, Кæцытæй зайæм ыстыр хæсджынæй, Де Стырады раз мах, æдылытæ, Фылдæр уæлдайæ æнæфæсмонæй. Мах нæхуыддæг дæр афтæ куы кæнæм, Чи нæ цы дары уыдон æппæтæн Махæн ракондтæ хæлар куы кæнæм, Стырæй, чысылæй нæ фыд-зæрдæтæн. Æмæ нæ бахиз фыдæвзарæнæй, Рагæй-æрæгмæ нæ фыдызнагæй, Æвзæр фыдвæндтæй, хæйрæджы митæй, Фыдæбонтæ ’мæ ахæм истытæй. Фæлæ нæ бавæр æнæ зианæй Фыдбылыз æмæ алцы æвзæрæй, Цæмæйдæриддæр уды талынгæй, Æмæ уыимæ фыды фыдуагæй. Дæуæн æппæт дæр Дæ къухы куы ис Æлдардзинадæй — Паддзахадимæ, Дуне æппæтыл кадæй куы зилыс Дæ бар цæугæйæ Де Стырадимæ. 1865 азы 14 октябрь 82
ЧЫРЫСТИЙЫ РАЙГАСЫ ЗАРÆГÆЙ 1. Абон Чырысти райгас ис, Адæмыл рухс рарттывта, Адæмы цæф байгас и, Зындонæй йæ ракодта. 2. Мах дæр уый цот ыстæм, Йемæ аххосджын ыстæм, Уый тæригъæд куы кодта,— Мах дæр йемæ уыдыстæм. 3. Ныр та йын хорз ракодта. Мах дæр йе ’мхайджын ыскодта. Дæлзæххæй нæ ракодта, Уæларвмæ нæ ыскодта. 4. Абон махыл цы æмбæлы? Цин кæнын ныл æмбæлы. Хæйрæг та дзы мæстæй мæлы, Йæ къона дзы куы хæлы. 5. Цæй, æмæ зарын райдайæм, Хъазын, кувын байдайæм, Чырыстимæ базарæм, Хорз хæрзтæ дзы ракурæм. 6. О мæрдтæй сыстæг Чырысти! Æмдзыхæй дæм кувæм, Дæуæй нæм хъарм хур æркасти Æмæ талынджы нал ыстæм. 7. Сымах та, æнамонд дзуттытæ, Цы ’взæр куысттæ бакодтат, Ус сфæлдисæг Паддзахы Дзуарыл куыд байтыгътат? 8. Æвзæргæнæджы мардæй йæ Хъизæмарæй цы амардтат? Уый уын хорзмæ хъавыди Сымах æй куынæ базыдтат. 9. Абоны цины хъуыддаг Сымахæй махмæ куы цыди, Фæлæ дзы уæхи фæхъуыдтат Æмæ махыл æрцыди. 10. ’Йæ бонтæ йын фæхыгътат Æмæ уæм раст æрцыди. Уæхицæй йæ фæсырдтат Æмæ уæ дард фæлыгъди. 11. Сымах æнхъæл уыдыстут — Паддзахæй уын ныллæудзæн, Йæ Хуыцау ын нæ зыдтат —- Æнхъæлдтат æй: лæг уыдзæн. 83
12. Комкоммæ уын куы дзырдта: Уый дæр афтæ нæ уыдзæн, Кжд лæджы фыртæй фæзындтæн, Уæддæр фыдимæ иу дæн. Мæрдтæ æгас кæй кæнын, Уый мын уымæн æвдисæн. 13. Сыджыты бын æй фæкодтат, Фесæфын ын æнхъæлдтат. 0 мæгуыртæ, мæгуыртæ! Цымæ йæ кæуыл бахыгътат? 14. Сæрæй, ахæм хъуыддæгтæ Уæ фыдæлтæй базыдта^ Пахуымпарты марынæй Уыдон фæфæзмгæйæ. 15. Фæлæ чысыл фæлæуут, Æртыккаг бон куы сбон уа, Раздæр уын æй куыд загъта Иу пахуымпар Ионæ: Райгас уыдзæн Чырысти. 16. Æртыккаг бон райсомæй Зæд уæлæрвтæй æрцыди, Арвы, зæххы кæрæттæ Сæ бындзарæй сæнкъуыста. 17. Ингæн æмбæрзт кæмæй уыди, Уыцы дур дæр атылди, Æмæ Чырысти ингæнæй Йе Стырадæй рацыди. «Осетинские тексты, собранные Дан. Чонкадзе и Вас. Цораевым». Рауагъта йæ академик А. ШИФНЕР. Санкт-Петербург, 1868, 55—59 фæрстæ. 84
Рæстæг - рæстæвзарæи „■■■,—^, ... .,,,. ^. , ,. ,,,,,,.. ...,„и - . .. ч .. ,„„, .,,.„, ..,,,| г-г-.т -! ■ ■, ., ,,. - —_ ТУАЛЛÆГТЫ ÆХСАР РÆСТУДÆЙ Адæймаджы курдиат раргом кæнынæн æппæтæй тынгдæр ахъаз биноп- тæ, рæстæг æмæ æхсæнад кæй сты, уый æипындæр гуырысхойаг нæу. Афтæ рауад йæ хъуыддаг зындгонд фыссæг, журналист, ахуыргонд, революционер æмæ æхсæнадон архайæг Гатуты Алексейы фырт Дзахойæн (Копсгантпнæп) дæр. Дзахо уыд диссаджы хæдæфсарм адæпмаг, йæ цард æнæхъæнæй радта æхсæнады хъуыддæгтæн, фæлæ йæ хъысмæт рауадис тынг уæззау; стыр хъыгагæп, йæ ном рохуаты аззадис. Нырма бæстон иртæст нæма ’рцыдысты йе сфæлдыстадон быитæ, афтæ- мæй нæ фæстæ баззад ромаитæ, уацаутæ, пьесæтæ/радзырдгæ, очерктæ, публицистикæ, историон иртæстытæ æмæ æндæртæ. Раст зæгъын хъæуы, би- рæ а,зты дæргъы Дзахойы сфæлдыстадон бынтæ бабиионыг кæныныл кусы филологон наукæты кандидат Суменаты Замирæ, фæлæ уый кæй барæвдз кодта, уыдон дæр дунейы рухс нæма федтой. Мæн радзурын фæнды Дзахойы æмæ йæ бинойнаг Зыгъуытаты Барисы чызг Фатимæйы царды иуæй-иу хабæртты тыххæй. Цы хабæртгыл дзурдзы- пæи, уыдои сты бæлвырд æмæ æпæгуырысхо, ссардтои сæ Дзахойы æмæ Фатимæйы зылынгæнæг уголовоп хъуыддæгты, ССР Цæдисы æмæ Цæгат Мрыстоны паддзахадон æдасдзинады комнтетты архивты, Цæгат Ирыстоны паддзахадон архивы, СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны рескомы партион архивы æмæ республикæйы наукон библиотекæйы. Гатуты Дзахо райгуырд 1892 азы Дзæуджыхъæуы, зындгонд ирон рух- стауæг æмæ динамоиæг Гатуты Георгийы фырт Алексейы бирæсывæллон- джын хæдзары. Истори, адæмон сфæлдыстад æмæ этнографи тынг хорз кæн зыдта æмæ ма уый-æдде динамонæг дæр кæй уыдис, уымæ гæсгæ Алексеймæ адоухдæр уыд бирæ хъусджытæ, æвæллайгæ нæ зонындзинæдтæй хай кодта дзыллæтæн, аргъуанты арæзта скъолатæ. Фыццаг хатт сарæзта, чырыстон дин Ирыстоны куыд ахæлиу, уый истори раиртасыпы фæлтæрæн. Ирон адæ- мы истори æмæ æвзаг иртасгæйæ, номдзыд ахуыргонд Всеволод Миллер иудадзыг пайда кодта Алексейы зонындзинæдтæй. Хæдзары. уыд дыууадæс сывæллопы, бинонтæ цардысты хæларæй, æму- дæй, кæстæртæ фæзмыдтой хистæрты. Гатуты сывæллæттæ иууылдæр хæ- дзары мидæг райстой ахъаззаджы ахуыргонддзинад, хъомылгонд æрцыды- сты уæздан уагыл. Дзахо тырныдта алы хъуыддаджы дæр йæ хистæр æф- сымæр Николайы фæзмын,' уый та уыд профессион революционер. Дзахо дæр суаиг гимназы куы ахуыр кодта, уæд бавнæлдта революцион архайдмæ. 85
1912 азы ссис Мæскуыны университеты студепт, зæрдйагæй архайы ре- вфлюцион змæлды. 1917 азы сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ ам дарддæр кодта йæ революцион куыст. Коммунистоп пар.тимæ кæд æмæ кæм бацыд, уый бæлвырдæй базонып къухы нæ бафтыд. 1938 азы йæ ахстæй куы фар- стой, уæд йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй 1917'азæй 1919 азмæ уыд парти «Кермены» Центрон Комитеты уæнг æмæ йæ техникон секретарь. Йæ ныхæс- тæй бæрæг у уый, æмæ урсгвардионтæ Дзæуджыхъæу куы бацахстой, уæд уыцы рæстæг Дзахо куыста сусæгæй. Мæнг ныхæстæ дæр куыд хъуамæ загътаид ахæстоны, кæд æмæ «Кермены» рæпхъыты уæвын 1938 азы фыдра- кæндыл нымад уыди. Гатуты Дзахойы революцион архайд^шрма æххæстæй бæрæг нæу. Уæв- гæ та парти «Кермены» Центрон Комитеты уæнг кæй уыдис, айдагъ уый дæр ууыл дзурæг у, æмæ уæды заманы социалон нынкъуыстыты гуылфæны кæй уыд. Гатуты Дзахо УК(б)П-йы Владикавказы зылды комитеты уынаффæмæ гæсгæ æвзæрст урцыд Владнкавказы зылды æххæстгæнæг комитеты уæн- гæй, стæй та йæ сфидар кодтой ирон адæмы минæварæй Мæскуыйы. 1924 азы онг архивты ницы бæрæггæнæнтæ ис Дзахойы цард æмæ æхсæнадон архайды тыххæй, фæлæ Дæгат Ирыстоны облæсты Оргбюройы 1924 азы* 27 августы бардзырды куыд загъд ис, афтæмæй уыцы рæстæг уыд Цæгат Кавказы крайы Контролон Къамисы уæнг æмæ йæ снысан кодтой Ирысто- ны облæсты Оргбюромæ. Уыцы бюройы хæс та уыд облæстон партион орга- низаци саразын. Оргбюройы 1924 азы 22 сентябры бардзырдмæ гæсгæ Га- туты Дзахо нысангонд æрцыд Тройкæйы уæнгæй. Ныхас кæуыл цæуы, уыцы Тройкæйæн æппындæр иумæйагæй ницы ис Мидхъуыддæгты адæмон комис- сарады тæрхопгæиæг тройкæтимæ: кодта айдагъ партион фарстаты куыст. Хæххон республикæйы Рухсады адæмон комиссарад куы сарæзтой, уæд дзы Дзахо кусын райдыдта аивадон-литературон хайады сæргълæууæгæй. Хайады сæргълæууæг æмæ фæстæдæр партийы Цæгат Кавказы крайы коми- теты Контролон къамисы уæнг куы уыдис, уæд йæ куысты фæдыл арæх æфтыд Цæгат Кавказы æппæт национ облæсттæм æмæ стыр æргом здахыи райдыдта алы адæмты истори æмæ цардмæ. Æмæ фæстæдæр йæ литерату- рон уацмыстæ æмæ наукон фæллæйттæ дæр фыст уыдысты уыдоны тыххæй. Йæ литературон уацмыстæ «Зелимхан», «Ингуши», «Империя Узуна-Хаджи», «Гага-аул», «Днкола-замана», «Стакан шейха» æмæ иннæтæ дзурæг сты, Цæгат Кавказы адæмты тынг кæй уарзта, ууыл. Диссæгтæ: Дзахо ссис уыцы адæмтæй алкæмæн дæр йæ национ фыссæг. Зындгонд цæцæйнаг фыссæг Халид Ошаев фыссы: «Иуахæмы поэт Хъантыхъы-фырты бафарстон: — Хъус-ма, Георгий, ирон адæм куы стут, уаед уæ зындгонд фыссæг Гатуты Дзахойæн æмбæлгæ кад цæуылнæ кæнут?» Уъайтыхъы-фырт мын сонт дзуапп авæрдта: «Уый йын сымах, цæцæн, нæ кæнут фаг кад. Бæстон ыл куы ахъ- уыДы кæнæм, уæд цæцæйнаг фыссæг уыди! Фылдæр сымах тыххæн, цæцæны тыххæй куы фыста!» Æз пыххудтæн. Поэт Хъайтыхъты Георгий рæстытæ дзырдта». 86
Дзагуырты Гуыбады куыд зæгъы, афтæмæй Гатуты Дзахо 1917—18 аь ты куыста дзæуджыхъæуккаг газет «Горская жизнь»-ы, æмæ йын йæ царды хабæрттæ бæрæггæиджытæн æмæ йе сфæлдыстад иртасджытæн фæдзæхсы, уæды вазыгджын рæстæг газеты цытæ фыста, уыдæттæм лæмбыпæгдæр æр- кæсын. Гуыбады ноджыдæр амоны, зæгъгæ, Дзахо 1921—24 азты уыд Хæххон республикæйы Адæмон рухсады комиссарады Литературон хайады сæргъ* лæууæг æмæ йæ фæндоиæй уагъд æрцыдысты прон фысджыгы уацмыстæ: Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæидыр», Малиты Георгийы «Хохаг зарджытæ» (уырыссагау), Гулуты Андрейы «Æнæхуыссæг æхсæвтæ», Нарты кадджытæ уырыссаг æпзагмæ Æмбалты Цоцконы тæлмацæй, Быдтайы-фырты æмбырд- гонд «Ироп хъæлдзæг ныхæстæ», Гæдиаты Цомахъы «Царды уылæнтæ» æмæ æндæр чингуытæ. Гатуты Дзахо 1926 азмæ ссис Кавказы адæмæи нымад æмæ уарзон фыс- сæг, зындгонд æхсæиадон æмæ паддзахадон архайат. Æдде бакæсгачкс бан- хъæлæн уыд: адæймаг бацахста зынгæ æхсæнадоп бынат, йæ боп у æнæмæ- тæй цæрын, уæдæ йын бынтон æрыгоныл дæр бапымайæн иал ис. Фæлæ йæ цард-цæрæнбонты зонындзинæдтæм æмхиц кæй уыдис, уымæ гæсгæ 1926 азы ахуырмæ бацыд Скæсæны адæмты институты аспирантурæмæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ Дзахо йе ’рцахсыны онг цардис æмæ куыста Мæскуыйы. Хæстæг базонгæ бирæ зындгонд фысджытимæ. Дз^ахойы чингуытæ абон дæр тынг æхсызгонæй кæсынц адæм. Йæ хæлар фыссæг Халид Ошаев зæгъы, зæгъгæ, Дзахойы чнпыг «Зелимхан» балхæнын- мæ Цæцæны хæхбæстæй адæм сæрмагондæй цыдысты Дзæуджыхъæумæ, æл- хæдтой дзы фæйнæ 30—40 чиныджы. Куы йæ ’рцахстон, суанг уыцы бонмæ, 1937 аш 16 ноябры онг, Гатуты Дзахо куыста æнтыстджынæй æмæ ныммыхуыр кодта дæсгай литературоп æмæ ахуырадон фæллæйттæ. Ахуырадон æмæ æхсæнадон хъуыддæгты фæ- дыл арæх цыд балцыты, арæхдæр хæхбæстæм. Йæ уацхъуыдтæ, очерктæ, репортажтæ сты мидисджын æмæ æнаипп. Кæд бынтон æнæвдæлон уыди, уæддæр и/дадзыг йæ хъус дардта Цæ- гат æмæ Хуссар Ирыстоны цардмæ. Уыдис Цæгаг Кавказы адæмты иузæр- дион æмæ дзырддзæугæ минæвар, æмæ ахæм адæймæгтæм та Мидхъуыддæг- ты адæмон комиссарады оргæнтæ сæ хъус æнæ ’рдаргæ пæ уыдысты. Мæс- куыны зæрдæ сыл цæмæй ма фæхуда, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны АССР- йы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады кусджытæ 1937 азы æрымысыды- сты, зæгъгæ, дам, республикæйы мидæг ис Советон хицаудзинады ныхмæ тохгæпæг гæрзифтонг, сусæгæй архайæг, сыстад цæттæгæнæг националистон организаци æмæ уый фæдыл сарæзтой уголовон хъуыддаг. Ирыстоны зынд- гонд разамонджытæ искуы-иуæй фæстæмæ иууылдæр ахст æрцыдысты 1937—1939 азты. Базылын сæ кодтой ахæм хуызы, æмæ, дам, бирæ азты дæргъы уыдысты «сусæг контрреволюцион националистон организацийы ар- хайджытæ, сæ бон цæмæй уыд, æппæт уыцы мадзæлттæй тох кодтой сове- тон хицаудзинады æмæ Коммунистон партийы ныхмæ: знаггады æмæ халæн 87
куыст кодтоп рсспублнкæиы адæмон хæдзарады, к’адртæ цæтгæ кодтой гæр- зифтонг сыстадмæ æмæ сын лæвæрдтой хæцæнгæрзтæ, террористон митæ цæттæ кодтой партийы æмæ Советон хнцауады разамонджыты ныхмæ, шпионы куыст кодтой фæсарæйиаг сгарджыты пайдайæн». Зылынгæнæн æр-' мæджыты амыид цыдис, зæгъгæ, советон хицаудзинады пыхмæ арæзт на- циоиалистои организаци йæ размæ æвæрдта Цæгат Кавказы советон хицау- дзинад раппарыны æмæ буржуазон-демократон хæххон республикæ сара- зыны хæс. Гæрзифтопг сыстадмæ цæттæ кæныиы рæстæг, дам, арæзта хо- тыхты æвæрæнтæ. Цæглт Ирыстоны Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады разамонджыты хъуыдымæ гæсгæ ахæм сшиеоветои оргаиизацины уæнг х’ъуамæ æнæмæнг уыдаид Гатуты Дзахо дæр, уымæг? æмæ йæ кригнкон уацхъуыдтæ хорз зынд- гонд уыдысты, стæй уыд иттæг дзырддзæугæ адæймаг. Ахæм зындгонд адæймаджы базылын кæпып та сæхицæн нымадтой кады хъуыддагыл. Дза- хо æмæ йæ цардæмбал Фатимæ баисты æпæзакъон дуджы амæддаг. Мид- хъуыддæгты кусджытæ хъуыддаг сарæзтой быптоп гуымпры хуызы. Æфсо- нæн ссардтой æнæбындурæй азымгоид Гæцойты И. Т. 1937 азы 2 ноябры бафæрсыны протоколæй «рафыст». Гæцойы-фырты зылынгæнæг хъуыддаджы та, куыд рабæрæг, афтæмæй ахæм протокол æмгæрон дæр нæй. Гатуты Дзахойы æмæ Фатимæйы уголо- вон хъуыддæгты цы æрфæрстыты суагъæтæ ис, уыдон хъуыддагæвзарæг Полянский куыд æп фæндыд; ахæм хуызы сарæзта Гæцойты И. Т. 1937 азы 30 октябры æрфарсты бындурыл. Лæг æмæ усыл тугтæ мысы æмæ сæ æназым Гæцойы-фырты номæп фыссы: «...ныхас кæуыл цæуы, уыцы рæстæг, 1931 азы, æз бабæрæг кодтон Гатуты Дзахойы æмæ Фатимæйы фатер, цардысты Калашный цæхгæрмæ уынджы 10-æм хæдзары, фæндзæм фатеры. Уæды рæс- тæгмæ Гатуты Фатимæйы йæ лæг бахуыдта коптрреволюцион организацийы архайыпмæ; афтæ кæй уыд, уып æз бамбæрсгоп нæ дарддæры ныхасæй. Æз сæ фатермæ куы æрбацыдтæи, уæд Гатуты Коистатин йæ усæн радзырдта, рахизонты центр кæй фæдзæхсы террормæ бавналып; Колстаптииы фæндыд, йæ усмæ цавæр зопдахаст разыидзæи, уый базоиып. Уæд æз дæр Фатимæйы бафарстон: организаци йын партийы æмæ хицауады размонджыты ныхмæ террористоп акт саразыи куы бафæдзæхсид, уæд æм уый куыд фæкæсид? Афтæ йæ бафарста Гатуйы-фырт дæр. Фатимæ загъта: «Æмæ цы? Разы дæн, æхсыныл та ахуыр скæпдзыпæн». Ноджы ма иын дызæгъ-мызæгъы бамба- рын кодта, ома, дам, террористон акт мæхæдæг кæй сараздзынæн, уымæй уæлдай ма, рæсугъд кæн дæн, уымæ гæсгæ мæ бон ныфс бауадзын уыдзæн, тсррористон акты рæртæг йæ къухтæ зыр-зыр кæмæн кæной, ахæм нæлгон- маджы дæр. АхæмХхуызы уыд пæ ныхас. Æмæ пын уæд æз дæр загътон, бахъуыды рæстæг ыл организаци кæй дардзæн йæ зæрдæ». Хъуыддагæвзарæг Поляпский 1937 азы 30 октябры æрфарсты суагъæмæ бафтыдта: «Гæцойгы И. Т. æндæртимæ 1931 азы рахизопты организацимæ бакодта Гатуты Фатимæйы — кулачы чызджы, артнсткæйы, фыссæг Гатуты Копстатипы усы». 83
Фатимæ актрисæ никуы уыдн; кæд æрдзæй ахъаззаджы музыкалон кур- диат рахаста, уæддæр равзæрста литературон куыст. Полянский дæсны уыд хъуыддаг зыгьуыммæгопдæй равдисынмæ æмæ дарддæр йæ кæнон кæны, фæрсы дарддæр уыцы ’намонд лæджы: . «Фарст: Кæд æмæ цы хуызы бакодтай контрреволюциои организацимæ Гатуты Константины? Дзуапп: Гатуты Константииы æз организацимæ бакодтоп, æвæццæгæи, 1931 азы июлы, йæ фатеры уыдыстæм, афтæмæй. Не ’хсæн цы ныхас рауади, уымæ гаёсгæ æз бамбæрстоп, Ирыстопы контрреволюциои организаци ис, уый йын зындгонд кæй у Цæллагты Къостайæ, уымæн æмæ-цу Къоста Мæскуы- мæ куы ныфтыд, уæд Гатуты æпæ бабæрæггæнгæ иикуы фæцис. Уымæ гæсгæ кæрæдзийы уайтагъд бамбæрстам æмæ йын фехъусын кодтон контрреволю- цион къорды тыххæй, стæй йæ фæстæдæр уыцы къордмæ бакодтон. Куыд мын загъта, афтæмæй йæ ус Гатуты Фатимæйы та йæхæдæг бакæпдзæн къордмæ». Зæронд коммунистæй, Мæскуыйы гæрзифтонг сыстады архайæгæй, зынд- гонд революционерæй æмæ разæнгард æхсæнадон архайæгæй, Цæгат Кав- казы адæмты æхсæн дзырддзæугæ фыссæгæй уголовон дзуапп бадомынæи аХадгæ бындур хъуыд æмæ йын йæ ивгъуыд революцион æмæ æхсæнадон хъуыддæгты тыххæн дзургæйæ, Полянский Дзахоны схуыдта раздæры эсер, афтæмæй та Гатуйы-фырт эсер никуы уыд. Фæлæ ахæм «лыстæг хабæрттæ» Полянскийы хуызæн хъуыддагæвзарджытæм нымады дæр нæ уыдысты, уы- мæн æмæ зыдтой, сæ зыгъуыммæгонд документтæ сын бæрæггæнæг кæй иикуы уыдзæн, уый. Хъуыддаджы 30-æм фарсыл загъд ис: «...Гатуты Константин — ирон фыссæг, раздæры эсэр, сауджыны фырт, оргапизацимæ йæ бакодтон æз...» 31-æм фарсыл та фыст ис: Номæй-номмæ сæ ранымай, террористон ар- хапдмæ кæй æрбахуыдтай, уыдоны, зæгъгæ, куы бафарстой Гæцойы-фырты, уæд, дам, дзуапп радта: «...æз æрбахуыдтон... 5. Гатуты Фатимæйы», фæлæ дзы æппындæр нæй Гатуты Константины кой. «Нысангонд террористон акттæ саразынмæ кæд æмæ цы хуызы æрбахуыд- тай, кæй ранымадтай, уыцы адæймæгты?», з’æгъгæ, уыцы фарстæн та дзуапп у: «Æмбырдæй цасдæр рæстæджы фæстæ æз бабæрæг кодтон Гатуты фа- тер... Уæдмæ Гатуты Фатимæйы контрреволюцион оргапизацимæ бахуыдта йæ лæг». Гæцойы-фыртыл цы ныхæстæ баххуырстой, уыдон уырнинагæй равди- сыны охыл хъуыддагмæ бахастой Гусалты Никъалайы æрфарстæй хицæн быиæттæ. Слесты нымадмæ гæсгæ уьтдон ахъаззаджы зылыигæнæи æрмæг сты. «Азымджын Гусалты Алыксандры фырт Никъалайы, 1903 азы гуырды, æрфарсты суагъæйæ рафыст горæт Орджоникидзе ЦИ АССР 1938 азы 10 мартъи. 89
...Гатуты Дзахойы, куыд антисовегон рахизои националнстОн органЯз-Ь’ цийы уæнджы, æз базыдтон, Цæгат Ирыстоны автономийы 10 азы оæрæг- боны къампсы хуындмæ гæсгæ 1934 азы 5 августы Мæскуыйæ куы ссыдис, уæд. Гатуты Дзахо мæм дыккаг бон, ома, 1934 азы 6 августы æрбацыд мæ фатермæ æмæ сихор иумæ бахордтам. Сихоры фæстæ тезгъо кодтам Проле- гарон парчы, уым бацыдыстæм сакъадахы рестораимæ. Гатуты Дзахо мын афтæ: «Ды тынг æмбæхстзæрдæ адæймаг дæ!» Æз æй бафарстон: «Цæмæн дæм афтæ кæсы?» Æмæ мын дзуапп радта: «Ды антисовегон националистон уæнг кæй дæ, уый мæнæн зындгонд у. Зæгъгæ та мын æй кодта, организа- цимæ дæ чи бахуыдта, уый — Цæллагты К. И. Афтæмæй мын ды уыцы кой никуы скодтай. Æз мæхæдæг^æр уыцы организацийы уæнг дæн». Уæдмæ ресторан адæмæй байдзаг æмæ нын дарддæр уыцы хъуыддаджы фæдыл дзурыны фадат нал уыди. Æз-иу Мæскуымæ куы ныфтыдтæн, уæд арæх бæрæг кодтон Гатуты фатер Калашный цæхгæрмæ уынджы 10-æм хæ- дзары 5-æм фатер, уый фæстæ та Фрунзейы уынджы 9-æм хæдзары 10-æм фатеры æмæ арæх ныхас кодтам аптисоветои фарстатыл. Ног Конституцийы проект мыхуыргонд куы æрцыди, уæд Гатуты Дзахо иуахæмы загъта: «Ныр æнæмæнг архайын хъæуы, Цæгат æмæ Хуссар Иры- стон иу республикæйы иугонд цæмæй æрцæуой, ууыл, Сæйраг Советы сæр- дарæй та равзаргæ у Тæкъоты Симон. Æмæ уæд нæ организацийæн æнцон- дæр уыдзæн контрреволюцион куыст кæнын... Ацы хабæрттæм байхъусгæйæ, баууæндæн ис, Гатуты Дзахо антисоветон организацийы уæнг кæй уыдис, ууыл. Фæлæ йæм лæмбынæг куы æркæсай, уæд æнцон раиртасæн у, ныхас дзы цæуыл цæуы, уыдæттæ мæнг кæй сты, уый. Процессуалон закъоны домæнтæм гæсгæ, антисоветон организацимæ «æрбахонæг» Цæллагты К. И. хъуамæ æнæмæнг фарст æрцыдаид, Гатуты Дзахойы уыцы организацæмæ кæд æмæ цы хуызы æрбахуыдта, уыдæттæй, стæй бæлвырд знаггадæй цы бакодта, уыдæттæй. Фæлæ Цæллагты К. И. хъуыддаджы ахæмæй ницы разынд. Уыдæттæй йæ цæуыннæ бафарстой, уый амонæг документ дæр дзы нæй, уæвгæ та хъуамæ æнæмæнг уа. Уый нæ, фæлæ ма Дзахойæн йæхи дæр нæ бафарстой, Гусалы-фырт раст у æви нæ, зæгъгæ. Уæвгæ та йæ æнæ бафæрсгæ хъуамæ ма уыдаиккой, уымæн æмæ раст куы разындаиккой, уæд фаг уыдысты паддзахадон фыдракæндæй йæ базыльш кæнынæн. Гусалы-фырты æмæ Цæлладжы-фырты зылынгæнæн хъуыдд/егтæй куыд раргом, афтæмæй сæ иу дæр ницы загъта, «рафысты» цы ис, ахæмæй. Хуыцауæй разы, Гусалты Никъала ма æгас у æмæ йæм равдыстон йæ «пыхæстæ». Гусалы-фырт æй лæмбынæг бакаст æмæ хъæддыхæй загъта: «Цытæ дзы фыст ис, уыдæттæ æз никуы загътон. Сæрæй кæронмæ æры- мысгæ ныхæстæ сты. Хорз æй хъуыды кæнын: Полянский мæ фарста Гату- ты Дзахойы усы тыххæй. Æз ын дзуапп радтон, зонын æй, зæгъгæ, фæлæ мæ дарддæр ницæмæйуал бафарста Фатимæйы тыххæй, стæй протоколы фысгæ дæр пицы ныккодта. Дзахонæи йæхн тыххæй та мæ уæвгæ дæр иичи 90
бафарста, афтæмæй та Гатуты бинонтимæ æз хæларæй цардтæн æмæ-иу Мæскуымæ куы ныфтыдтæн, уæд сæ æнæ бабæрæггæнгæ никуы фæдæн. Або- ны онг дæр мæ рох пæу æмæ мæм бæллиццаг кæсы Гатуты бинонты зонд, уæздандзинад, куыд уазæгуарзон æмæ сыгъдæгзæрдæ уыдысты, уый. Хъуыд- дагæвзарджытæ Цæлладжы-фырты номæй æрæмысгæ ныхæстæ ныффыстой, уымæн æмæ нæ бакуымдта мæнг хабæрттæ искæуыл æххуырсын æмæ йæ уый тыххæй амардтой. «Рафысты» ныхас цæуыл цæуы, уыдæттæ куы дзырд- таин æз-Дзахойы ныхмæ, уæд нæ лæгæй-лæгмæ æнæ æрлæууынгæнгæ нæ фæцадаиккой, фæлæ афтæ бакæныпмæ сæ ныфс нæ бахастой, уымæн æмæ нæ лæгæй-лæгмæ куы æрлæууын кодтаиккой, уæд рабæрæг уыдаид, цъыфка- лæнтæ кæй мысынц, уый. Æрæмысгæ хабæрттæ фыст кæм уыдис, ахæм про- токолты сæ къух чи æрæвæрдта, уыцы адæмыл худæн нæй, уымæн æмæ сын ахæм æбуалгъы фыдмитæ кодтой, æмæ цыфæнды гæххæтты дæр æрæвæрд- таиккой сæ къух». 1937 азы 16 ноябры Цæгат Ирыстоны АССР-йы мидхъуыддæгты адæмон комиссар Миркин æмæ республикæйы прокурор (йæ мыггаг бæрæг нæу) сæ къухтæ æрæвæрдтой Гатуты Алексейы фырт Дзахойы æрцахсыны тыххæй уынаффæйы. Ахæм уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты Адæмон комиссарады управленийы 4-æм хайады хицауады æххуысгæнæг Городничеико В. Т. Уынаффæ рахастой Дзæуджыхъæуы. Ис дзы Гатуты Дзахойæн йæхи къухæвæрд, афтæмæй та уыцы бон уыдис, кæм царди, уым — Мæскуыйы. Гатуты Дзахомæ баджигул кæныны æмæ йæ ’рцахсыны тыххæй ордеры № Б-540 йæ къух æрæвæрдта ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты адæмон комис- сары хæдивæг. Ордеры дæр амынд ис уыцы бои—1937 азы 16 ноябрь. Тæккæ уыцы бон Мæскуыны баджигул кодтой Дзахойы фатеры æмæ дзы рахастой: 1. УК(б)П-йы уæнгтæм кандидаты гæххæтт № 1052 2. УК(б)П-йы уæнгтæм кандидаты гæххæтт № 53405 3. ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнджы билет № 108 4. Литфонды уæнджы билет № 825. Куы йæ æрцахстой, уæд йæ анкетæйы бацамыдта: йæ дæсныйадмæ гч^с- гæ у фыссæг æмæ кусы Фысджыты цæдисы. Базылын кæныны тыххæй уыиаффæ 1937 азы 30 ноябры сфидар кодта Цæгат Ирыстоиы АССР-йы Мидхъуыддæгты адæмон комиссары хæдивæг Шестаков æмæ дзы амынд ис, зæгъгæ, Гатуты Алексейы фырт Константин «рахизон-нациоиалистон, сыстад цæттæгæнæг, террористон, знаггадгæнæг, халæг-шпионгæнæг организацийы уæнг кæй уыдис, уыцы организацимæ адæмы кæй хуыдта, культурон фронты зпаггад кæй кодта, партийы æмæ хицауады разамонджыты ныхмæ террористои митæ бацæттæ кæныныл кæй архайдта», уый тыххæй фаг бæрæггæнæнтæ ис. Гатуты Дзахойы базылын кодтой, УСФСР-йы уæды заманы Уголовон кодексмæ гæсгæ цы паддзахадон фыдракæндтæй базылыпгæиæн уыдис, уыдоиæй се ’ппæтæй дæр. Иæ æрцах- сыны тыххæн уыиаффæ \6 ноябры Дзæуджыхъæуы кæй рахастой, йæ æр- 91
цахсыны тыххæй ордсры уыцы боп Мæскуыйы къух кæй æрæвæрдтой æмæ йæм тæккæ уыцы бон. кæй баджигул кодтой æмæ йæ æрцахстой, уыдæттæ æнæнхъæлæджы уыдысты, зæгъгæ, афтæ хъуыды кæнын у гуымиры рæдыд. Æипæт уыдæттæ дзурæг сты ууыл, æмæ ДзахоЯы æрцахстой, уголовон хъуыд- дагæи æппындæр ницы бындур уыдис, афтæмæй. Уæдæ йæ æрцахсыны уынаф- фæнæп дæр закъонмæ гæсгæ æмбæлгæ бындур нæ уыдис. Айдагъ Дзахо нæ, фæлæ бирæ адæмты æрцахстой æнæбындурæй. Уый та дзурæг у, уæды за- мап Мидхъуыддæгты адæмон комиссарад йæ архайды мидæг закъоны до- мæнтæ мисхал дæр кæй ницæмæ дардта, ууыл. Уголовон-процессуалон закъоны домæнтæм гæсгæ Гатуты Дзахойы хъуа- мæ бафарстаиккой йæ æрцахсыны бон кæиæ та, гæпæн нæй, уæд зылынгонд цæмæй цæуа, уыдæттæ йын Щ/ы фехъусын кодтоп, уыцы бон, ома, 30 нояб- ры. Фæлæ йæ бафæрсыпы тыххæй протокол фыст у 1938 азы 23 январы. Æвæццæгæн, Дзахо дæр йæхиуыл бавзæрста, хъуыддагæвзарджыты цавæр дзуаппытæ фæндыд, ууыл кæй фæрцы архайдтой, уыцы æбуалгъы фидмитæ æмæ иæдтытæ. Куы йæ æрцахстой, уæд æртæ мæйы дæргъы йæхи аххос- джыныл нæ нымадта æмæ протоколтæ кæнæ фысгæ нæ кодтой, кæнæ та сæ-иу аскъуыдтой. Гатуты Дзахойæн цы фыдмитæ кодтой, цавæр æртхъирæнтæ йæм кодтой кæпæ йæ пснхологон æгъдауæй куыд æфхæрдтой, уымæп ныр сбæрæггæнæн нал ис, фæлæ хъæддыхæй зæгъæн ис афтæ, æмæ æртæ мæйы дæргъы, цæ- мæй йæ зылын кодтой, уыдæттæй йæхи аххосджын ницæмæй схуыдта, æмæ уымæ гæсгæ æрмæст 1938 азы 23 январы фыст æрцыд фыццаг протокол. Бафæрсыны тыххæй протоколты Дзахойæн йæхи къух æвæрд нæй, зæгъгæ, ууыл гуырысхотæн фаг бындур нæй; къухæвæрдтæ сæ нымæцмæ гæсгæ æр- мæст цалдæр неддæмæ кæй не сты, уымæ гæсгæ та графологон экспертизæ саразыны фадат нæй. Йæхи аххосджын цæмæй схуыдта, уыдæттæ иртасгæйæ дæр зæрдыл дарын хъæуы, æртæ мæйы дæргъы кæй ницæуыл басаст, æбу- алгъы фыдмитæ пын кæй кодтой, уый. Йæ хъуыддаджы фыст ис, цыма йæ антисоветон организацимæ ба- хуыдтоп суанг 1920 азы æмæ йын бафæдзæхстой, цæмæй литсратурæйы па- рахат кæпа ахæм хъуыдытæ, цыма афон иæма у национ облæстты социали- стон арæзтадмæ бавналынæн, æппæт хуызты дзура хохаг адæмты царды сæрмагоид миниуджыты тыххæн. Афтæ, дам, ын бафæдзæхста Цæллагты Къоста, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон баиу кæныны тыххæй фарста куы æрæвæрдта, уæд. Цæлладжы-фырт, дам, ыи бафæдзæхста дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фарслæуджыты æмбырд кæиын. Дзахо ахæм ныхæсты бын йæ къух куы æрæвæрдта, уæд фыццаг бака- стæй банхъæлæн уыд, æмæ уый слестгæнæгмæ фаг хъуамæ фæкæса. Фæлæ нæ, Полянский хъæддыхæй архайы ууыл, цæмæй Гатуйы-фырт сразы уа, Гæцойты Иваны номæй йыл цытæ æххуырсынц, уыдæттимæ, ома, контрре- волюцион организацийы мидæг баст уыди Гæцойты Иванимæ, террористон архайд та йæ баста цавæрдæр Курджиевимæ, зæгъгæ. Фарст. Контрреволюцион организацимæ кæд æмæ кæйты æрба- 92
Дзуапп. Уыимæ æз æппындæр баст нæ уыдтæн. Фæстаг хатт æй федтон 1929 азы. Зонгæ та баистæм Культурон бастдзинæдты æппæтцæ- дисон организацийы, 1927 азы. Контрреволюцион организацийы мндæг баст иæ уыдыстæм. Фарст. Хъуыддагæвзарджытæн зындгопд у, Курджнезимæ Сасг кæй уыдыстут 1931 азæй фæстæмæ. Дзуапп. Уый раст нæу. Фарст. Курджиевимæ баст. кæн уыдыстут, уып бæрæг у, конгр- ревблюцион оргапизацины иумæ кæимæ архайдтат æмæ кæи æрцахстам, уыдон цьпæ зæгъынц, уымæй. Дзуапп. Кæд афтæтæ дзурынц, уæд сæ ныхæстæ расг не сты. Мæны фæстæ Поляпский ныффыста Дзахойы бафæрсыны 1ых- хæй дыккаг —æмæ фæстаг — суагъæ. Фыццаг хатт куыд уыди, афтæ та ныр дæр домдта, цæмæй Дзахо йæхиуыл тугтæ мыса. Фарст. Коптрреволюцион оргаиизацимæ кæд æмæ кæиты æрба- хуыдтай? Дзуапп. Æз никæп никуыдæм бахуыдюн. Фарст. Æцæг хабæрттæ радзурынæй дæхи’ иуварс сайыс. Дзуапп: Контрреволюцион организацимæ æз ннкæп æрбахуыдтон. Фарст. Контрреволюцпон органпзацийы ипнæ уæнгтæ ма йæм к æ м æ р б а х у ы д т о п М æс к у ы й ы ? Дзуапп. Нæ йæ зонын. Фарст. Гæды ныхæстæ кæиыс! Дзуапп. Нæ йæ зонын дын куы загътон. Фарст. Радзур мын контррсволюцион организацийы террористон архайды тыххæй. Дзуапп. Контрреволюмюн оргаппзаципы террорисгоп архандæн æз ницы зонын. Фарст. Гæды ныхæстæ кæныс. Гæцойты Иванимæ дын бастдзи- нæдтæ уыдис? Дзуапп. ГæцоГпы Иванимр, куыд коптрреволюцион организа- цииы уæнгимæ, æз баст нæ уыдтæн. Курджневимæ æз 1931 азы баст уыд- тæн, зæгъгæ, уыдон сты мæнг ныхæстæ. Фарст. Гæды ныхæстæ мауал кæн... Дæ контрреволюцион ар- хайд æцæгдзипадæй куыд цыдис, уый тыххæй радзур. Дзуапп. Мæнмæ æндæр ннцы ис зæгъинаг. Афтæ ахицæп Гатугы Дзахойы бафæрсыны тыххæп фæстаг протокол. Полянскин, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрста, Дзахойы басæттын йæ бон кæп пæ бауыдзæн, уый. Суанг ма дзы банрох йæ ус Фатимæйы терро- ристон «архайды» тыххæй Гатупы-фырты бафæрсыи. Чи зоны, фæрсгæ дæр æй бакодта, фæлæ цæмæ æпхъæлмæ каст, ахæмæн куы ницы фсхъуыста, уæд сæ протоколы нæ ныффыста, уымач1 æм<е куы пыффыстапд, уæд æй лæг æмæ усы бафæрсын хъуыд иумæ. Уыи та Полянскины пæ фæидыд, 93
уымæн æмæ хорз зыдта Фатимæйы зондахаст æмæ æмбæрста, масты хос йеддæмæ кæй ницы пайда радтаид, уый. Гатуйы-фырт, æвæццæгæн, йæ хæлæрттьг тынг хорз зыдта æмæ йæ зæр- дæ дардта, Цæллагты Къоста дæр æмæ йыл йæ иннæ æмбæлттæ дæр цъыф- калæн кæй нæ кæндзысты, ууыл. Йе ’мбæлттыл йæ зæрдæ афтæ тынг кæй дардта, уымæй мисхал дæр нæ фæрæдыд. Æфхæрджытæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, сæ амæттæгты хъуыддæгтæм искуы исчи æркæсдзæн æмæ сæ иртасдзæн, уый æмæ, æвæццæгæп, афтæмæй бавæрдтой Дзахойы хъуыдда- джы, йæ ныхмæ Бутаты Инал, Цогойты Бутуз, Дзампаты Васян æмæ Цæл- лагты Къоста æппындæр кæй ницы загътой, уый тыххæй гæххæттытæ. Æмæ афтæмæй скодтой зылынгæнæн хатдзæг дæр. Цыма æппындæр гуырысхойаг нæу, уыпау дзы загъд ис: «Цæгат Ирыстоны АССР-йы æргомгонд æрцыд аптисовстон рахизои-националистои террористон оргапизаци, архайдта ра- хизонты мæскуыйаг æмæ раздæры цæгаткавказаг крайы центры разамын- дæп; ахæм антисоветон организацитимæ баст уыдис сыхаг республикæты æмæ хъазахъаг районты; йæ размæ æвæрдта гæрзифтонг сыстады æмæ ка- пигализм ногæп сæвæрыны фæрцы советон хицаудзинад раппарыны хæс. Советон Цæдисы хъарутæ слæмæгъ кæныны нысанимæ уыцы организаци знаггаджы халæн куыст кодта республикæйы адæмон хæдзарады æппæт къа- бæзты дæр, æмбырд код»а, чи хъуамæ сыстадаид, ахæм адæмы..., кодта тер- рористон куыст». Зылынгæнæн хатдзæг кæй къухтæй рацыди, уыдоны хъуыды уыд бын- тон хуымæтæг: цытæ дзы фыст уыдис йæ тæккæ райдианы, уыдæттæ чи- дæрнддæр бакæса, уый æнæ ныккæрзгæ нæ фæуыдзæн, мæнæ цы тæссаг у нæ райгуырæн бæстæйæн, зæгъгæ. Æмæ иугæр кæд афтæ тæссаг уавæр сæвзæрднс кæйдæрты аххосæй, уæд закъон хæлд цæуы æви нæ цæуы, уы- дæттыл ма чи хъуыды кæны. Хицæн адæймæгты царды æмæ мæлæты хуызæн лыстæг хабæрттæ паддзахад хъахъæнджытæм нымады дæр не сты. Ахæм уавæрты мæнæ ацы ныхæстæ фыст куы æрцæуой, уæд фаг не сты адæйма- джы хъысмæт алыг кæнынæн: «Хъуыддаг æвзарыны рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы организацийы уыдис Мæскуыйы цæрæг ирон фыссæг Гату- ты Алексейы фырт Констаптин». Процессуалои закъон домдта æмæ домы, зылынгоид чи цæуы, уымæн йæ аххосы тыххæй бæлвырд бæрæггæпæнтæ æрæмбырд кæнын æмæ сæ би- ноныг раиртасын, фæлæ Дзахойы уголовон хъуыддаджы ахæмæй ницы ис. Хъуыддагæвзарджытæ фагыл банымадтой мæнæ афтæ ныффыссып: «...Гату- ты Константины антисоветон организацимæ æрбакодтой 1926 азы; куыд ан- тисовстоп организацийы уæнг, афтæ йæхæдæг дæр уыцы организацимæ кодта социалон фыдæх адæймæгты Мæскуыйы цæрæг ирæттæй. 1931 азæй фæстæ- мæ Мæскуыйы лæуд уыди террористои къорды, уыцы къорд террористон митæ цæттæ кодта ÆК(б)П-йы æмæ Хицауады разамонджыты ныхмæ. Уыциу рæсгæг знаггады куыст кодта литературæйы, пæ уацмысты æппæлыд адæмы зиаг’Троцкнйæ». Куыд уынæм, афтæмæй Гатуны-фырт зылынгонд цæуы æбуалгъы пад- дзахадои фыдракæпдтæй æмæ закъон домы, цæмæй бæлвырдæй бæрæггоид 94
æрцæуа, антисоветон организацимæ йæ кæд, кæм, цавæр æууæлты æмæ чи æрбакодта, террористон митæ- бæлвырдæй кæй ныхмæ æмæ куыд цæттæгонд цыдысты, сæ фæндтæ сæххæст кæныиы тыххæй тсррористтæм цапæр хотых- тæ уыдис кæнæ цавæр хотыхтæй архайыимæ хъавыдысты, Гатуйы-фырт бæл- вырдæй кæй æрбакодта кæнæ æрбакæнынмæ хъавыд террористон организа- цимæ æмæ афтæ дарддæр. Зылынгæнæн хатдзæг чи фыста, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта за- къоны уыцы тæккæ хуымæтæгдæр домæнтæ, фæлæ йæ бон рапымайыи нæ уыд бæлвырд адæнмæгты, иу кæиæ иннæ хуызы хæцæнгарз, цыбыр дзыр- дæй, ницы бæлвырд æрмæджытæ æмæ йæм æвдисæнгæ уыд: сæйрагдæр та уый у, æмæ кæй кой кæпы, уыцы террористон организаци уæвгæ дæр никуы уыдис, фæлæ уæддæр Поляпский бавдæлд æмæ ныффыста: «Уæлдæр бацамынд хабæртты бындурыл Гатуты Алсксейы фырт Константин (Дзахо) зылынгонд цæуы уымæй, æмæ: I. Уыд антисоветон рахизон-националистон террористон организацийы зæрдæргъæвд уæнг; II. Архайдта, Мæскуыйы цы террористон къорд уыд, уым; III. Адæмы кодта уыцы организаци æмæ террористон къордмæ; IV. Знаггад кодта литературæйы, æппæлыд адæмы знаг Троцкийæ». Ахæм бынтон æнæбындур æмæ гуымиры цъыфкалæн зылынгæнæн хат- дзæг сфидар кодтой Цæгат Ирыстоны АССР-йы Мидхъуыддæгты адæмон комиссар Миркин æмæ Кусæг-Зæхкусæг Сырх Æфсады Сæйраг прокуроры æххуысгæнæг Шульц. Гату^ы Д:ахойы зылынгæнæн уголовои хъуыддаджы æрмæджытæ иу- уылдæр мæнг кæй сты, уый æппындæр гуырысхойаг нæу, фæлæ уæлдай æлгъагдæр у Сæйраг терхондоны Хæстои коллегийы гуымиры æмæ æдзæсгом фæливæн. «Бынатмæ ацæуæг сессийы» кой кæй кæнынц, уый дæр у быитон æрæмысгæ хабар, Ахæм «сесси» уæвгæ дæр уыдис, уый тынг зын бауырнæн у. Уголовон хъуыддаджы ис ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон кол- легины бынатмæ ацæуæг сессийы тæрхоны æхгæд æмбырды 1938 азы 13 июлы протокол. Уæлæнгай æркастæй дæр бæрæг у, ахæм протоколтæ рага- гъоммæ цалдæргай экземпляртæн кæн цæттæ кодгой, уый, сæ амæддаджы мыггаг та дзы-иу фæстæдæр бафыстой. Дзахойы хъуыддаджы цы протокол ис, уый дæр фыццаг экземпляр иæу, фæлæ у цалæмдæр; йæ мыггаг, ном æмæ фыды иом дзы машинкæйæ бамыхуыр кодтой фæстæдæр. Протоколы куыд амынд ис, афтæмæй сессийы æмбырд ахаста П сахатьГ æмæ 5 минутæй 11 сахаты æмæ 20 минуты оиг, ома, æдæппæг 15 мипуты! Ахæм нымад рæстæджы дæргъы куыд бафтыд зылынгæнинаджы б?фæрсын, хъуыддагимæ баст æрмæджытæ фехъусыи кæпын, уыдонмæ æппæт хуызты æркæсын æмæ афтæ дарддæр. Уæлдæр цы æвдисæитæ æрхастам, уыдонмæ гæсгæ ис хатдзæг скæпæн: стыр курдиаты хицау фыссæг Гатуты Дзахойæн быитон æнаххосæп фехсы- иы тæрхон кæй рахаста ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон коллеги 95
1938 азы 13 июлы, уый у уæды заманы тæрхондоны системæйы æргом тер* роры фыдракæпды æвдисæн. Иæ бинойнаг Фатимæ дæр бадт уыцы ахæстоны. Æрцахстой йæ Дзахойæ иу бон фæстæдæр. Кæй йæ æрцахстой, ууыл дзурæг иунæг документ у 1937 азы 17 ноябры фыст ордер № Б 585. Гатуты Фатимæйы хъуыддаджы йæ æрцахсыны æмæ дзы уголовоп дзуапп бадомыны тыххæй æндæр документ- тæ нæй. Уымæ гæсгæ йæ ничи бамбардзæн, цæй тыххæй, цавæр закъоны амындæй йæ æрцахстой æмæ йæ цæмæй азымджын кодтой, уый. Гатуты Фашмæйы æрфарсты фыццаг суагъæ фыст æрцыдис 1938 азы 30 январы. Йæ хъуыддаджы æрмæджытæй бæрæг иæу, æртæ мæйы дæргъы кæцы ахæсюпы æмæ цæп тыххæн бадтис, уын. Полянский гуымиры хуызы домдта, цæмæй Фагимæ басæтта, царды мидæг уæвгæ дæр чи нæ уыд, уыцы ашисоветон иационалистои оргапизацийы уæнг кæй у, ууыл. Ирон литера- турæйы тæккæ зынгæдæр минæвæртты алы ахæстæтты кæд дæргъвæтин рæс- тæг фæфарста Поляиский, уæддæр пицы бамбæрста ирон адæмы истори æмæ литературæнæн, нымады дæр æм нæ уыд сæ культурæ æмæ генофонды хъысмæт. Кæн зæгъын æй хъæуы, Гатуты Фатимæйы хъуыддаджы ницы- фыст ис, Мидхъуыддæгты адæмон комиссарад цы хъæддаг мадзæлттæй пайд’а код- та, уыдоны тыххæй. Зæрдыл даринаг у ноджыдæр, æмæ йæ ус Фатимæ анти- советон организацийы архайдта, зæгъгæ, ахæмæй Дзахо æппындæр кæй ницы загъта, Гæцойты лæг 1937 азы 2 ноябры фарст кæй нæ цыдис, афтæмæй йæ бафæрсыны тыххæй Фатимæйы хъуыддаджы цы гæххæтт бавæрдтой, уый та æрымысгæ кæй у, уын. Гатуты Фагимæ удыхъæдæй сыгъдæг æмæ рæст- зæрдæ сылгоймаг кæй уыдис, уымæн йе ’рфарсты суагъæ дæр уæлæмхасæн æвдисæн. ССРЦ ЦИ АССР-йы МИДХЪУЫДДÆГТЫ АДÆМОН КОМИССАРАД ПАДДЗАХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ УПРАВЛЕНИ БАФÆРСЫНЫ ТЫХХÆЙ ПРОТОКОЛ 1938 азы япвары 30-æм бон. Æз, ЦИ АССР-йы 4 хайады оперативон бæрнджын Поляпский, зылынгонды хуызы бафарстон: 1. Мыггаг — Гатуты 2. Ном æмæ фыды ном — Фатимæ Барисы чызг 3. Кæд райгуырд — 1903 аз^ 4. Кæм райгуырд — Цæгат Ирыстоны АССР-йы, Джызæлы 5. Кæм цæры — Мæскуы, Фрунзейы уынг, 9-æм хæдзар. 10-æм фатер 6. Кæцы адæмыхаттæй æмæ кæцы бæстæйы гражданин у — ирон, ССРЦ Зылынгæнинаг Гатуты Ф. Б. радзырдта: Фарст. Ды ахсг æрцыдтæ, антисоветоп рахизон-националистон оргапизацийы уæнг кæй да\ уымæ гæсгæ. Радзур уый тыххæй. Дзуапп. /Ез мæхи аххосджыныл нæ нымайын. Фарст. Антисоветон организацийы ды уыдтæ дæ лæг Гатуты Константинимæ (Дзахоимæ). 96
Дзуапп. Æз дæр æмæ мæ сæры хицау Гатуты Коистантин дæр антисоветон организацийы нæ уыдыстæм. Фарст. Хъæддыхæй зæгъыс, дæ лæг антисоветон организацийы уæнг нæ уыдис, зæгъгæ. Дзуапп. Хъæддыхæй. Фарст. Афтæ хъæддыхæй цæмæн дзурыс? Дзуапп. Афтæ уымæн дзурын, æмæ Гатуты Константинимæ иу- мæ цы дыууадæс азы цæрæм, уыцы азты дæргъы уый антисоветоп хъуыды- тæ æппындæр никуы загъта. Фарст. Гатуты Констаптин антисоветон организаципы уæиг куы уыдаид, уæд æй ды зыдтаис? Дзуапп. Æвæццæгæн æй зыдтаин. Фарст. Хъуыддагæвзарджыты фæнды, цæмæп дзуран рæстытæ. Дзуапп. Раст цы у, уый загътон æз. Фарст. Гæды ныхæстæ загътай. Дæ лæг Гатуты Консглптин дæр æмæ ды дæр стут антисоветон организацийы уæнгтæ. Хъуыддагæвзар- джытæм уый тыххæй нс бæлвырд æвдисæнтæ. Дзуапп. Æз мæнгæй ницы загътон. Фарст. Загътай. Мæнг ныхæстæ кæй кæныс, уымæн æвдпсæн сты, дæ лæг Гатуты Дзахо (Константин) цытæ радзырдта, уыдæттæ, уый йæхи аххосджыныл нымайы, антисоветон оргапизацийы кæй уыдис, уымæй. 1938 азы 23 январы цытæ радзырдта, уыдон дæм æз бакæсыимæ ратдзынæн. Дзуапп. Æз мæнгæй ницы загътон. Йæ антисоветон архапд ын æз никуы федтон. Кæд гæды ныхæстæ кæны, ома, йæхиуыл кæд тугтæ мы- сы, уæд уадз æмæ мыса. Фарст. Дæ лæг дæр æмæ ды дæр антисовстоп организацийы архайæг кæй уыдыстут, уый тыххæй слестмæ ис æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Дзуапп. Æз аитисоветон организацийы никуы уыдтæн. Мæ хъуыды у ахæм, æмæ мæ лæг дæр антисоветон организацийы уæнг нæу. Фарст. Ирон адæмæй дын знæгтæ чи ис? Дзуапп. Ирон адæмæй мæнæн знæгтæ нæй. Фарст. Ды дæр æмæ дæ лæг дæр антисоветои организацийы архайджытæ кæй стут, уый бæрæг у, Гæцойты Иван цытæ радзырдта, уы- дæттæй. Дзуапп. Гæцойты Иван цалынмæ Ирыстоиы мииæварады кусын райдыдта Мæскуыйы, уæды онг мах йемæ зонгæ нæ уыдыстæм. Фарст: Гæцойты Иван демæ, аитисоветон оргаиизацийы уæнги- мæ, баст уыдис, Ирыстоны минæвар куы уыди Мæскуыйы, уыцы рæстæг. Рæстытæ дзуар. Дзуапп. Гæцойы-фырт цытæ радзырдта, уыдæггæ æз нымайын мæнг ныхæстыл. Фарст. Иыртæккæ дæм бакæсыимæ ратдзынæн, Гæцойты Иван 1937 азы 2 ноябры цытæ радзырдта, уыдæттæ. Йæ иыхæстæй бæрæг у, дæу 7 Мах дуг № 5—6 97
аптисовеюн организацимæ кæпгæиæ демæ рагацау кæй бафидыдта, тсрро- риеюн къордмæ бацæудзынæ, зæгъгæ, уый. Дзуапп. Гæцойгы Иван цытæ радчырдта, уыдон сты цъыфкалæн. Фарст. Ды куыд загътай, афтæмæй Гатуты Констатип дæр цъыф: алæн фæкодга йæхиуыл. Гæцойты Ивап цытæ радвырдта, уыдонæй бæрæг у, гæды ныхæсгæ кæй кæныс, уын. Гæды ныхæстæ кæй кæныс, уый бæрæг у, апгиооветон оргапизацийы кæн архайдтай, уый тыххæй дæ лæг цытæ баздыста, уыдæтгæй дæр. Цытæ радзырдта, уыдон дæм бакæсынмæ дæттып. Ныр дæр дæм нæма ис рæстдзинад радзурыны фæпд? Дзуапп: Гатуты Консгангнн цытæ радзырд1а, уыдæттæ бака- сгæп; апгисовеюп организацийы уæпг уыдис, уын æз нæ зыдюн. Æз мæ- хæдæг антнсовегон организаципы уæпг нæ уыдгæп. Поляпский кæд афтæ фыссы, æмæ, дам, Гатуты Фатимæйæи бакæсыи ко/иа, пæ лæг æмæ Гæцойты Иван цытæ рад^ырдгон, уыдæттæ зæгъгæ, уæд- дæр ахæм къухфысчьпæ Фагимæйæн пæхн æмæ Дзахойы уголовон хъуыд- дæгты не сты. Гатуты Дзахо ахæм ныхæстæ куы ракодтаид, уымæй тынгдæр ницæмæ бæллыд Полянский, фæлæ ахæмæй ницы загъта. Уымæ гæсгæ бæрæг у: Полянскнй мæнг ныхæстæ ныффыста. Гатуты Фатимæ нæхиуыл туггæ пе ’рымысыд, кæд ын æиæхъæн афæдз æмæ аст мæйы дæргъы æбуалгъы фыдмитæ кодтой, уæддæр. Цавæр мадзæлг- тæй пайда кодтой хъуыддагæвзарджытæ, уый бирæ фæстæдæр сбæлвырд, хъуыддæгтæм ногæй кæсып куы райдыдтон, уæд. «...бæрæггонд куыд æрпыд, афгæмæй-иу кæй æрцахстой æмæ йæхи аххос- джыныл чи пæ нымадта, уыдоны Цæгат Ирыстопы АССР-пы раздæры Мид- хъуыддæгты адæмон комиссарады опсративоп кусджыгæ бнрæ бонты æмæ а^хсæвты дæргъы æпæпцонæ уырдыг лæууып кодтой, фыиæй сæ нæ уагътои, хойраг æмæ доп сып нæ лæвæрдтоп, æнцад сæ иæ уагътой, цалынм ахсг адæймаг нæхи аххосджыныл банымадтаид æмæ хъуыддагæтарджытæ кæй домдтой, ахæм ныхæстæ ракодтаид, уæдмæ... Хъуыддаг бæрæг кæныны рæстæг фарст чи æрцыдис, ахæстоны раздæры уыцы хъахъæнджытæ Кутас æмæ Лесовой, ахæстопы раздæры медициион хо Апрямова, æвдисæнтæ Чехы-фырт, Зубков, Джыкканы-фырт, Мидхъуыд- дæгты адæмон комиссарады раздæры оперативон кусæг Базыры-фырт æмæ иннæтæ кшлд радзырдтой, афтæмæй слестгæнджьпы фæндон хабæрттæ чи нæ дзырдта, уыцы ахст адæмы цалдæргай боптæ æмæ æхсæвтæ уырдыг лæууыи кодтой, нæ сын лæвæрдтой хойраг, доп, фынæй сæ нæ уагътой, къарцы сæ бадыи кодюй; сæхи къухæй сын фыссын кодтой, хъуыддагæв- зарджытæ кæй домдтои, ахæм бæрæггæнæнтæ; Слестгæнæджы куыд фæн- дыд, ахæм нæ, фæлæ ач!дæр цыдæртæ чи фыста, уыдоны ногæй æмæ ногæй фыссын кодтой æбуалгъы фыдмиты руаджы, ахст адæймаг-иу афтæ сфæл- мæцыд, æмæ цы гæнæг у, уый нал æмбæрста, цыдæриддæр ын фыссын код- той, уый ныффыстаид... Цæгат Ирыстоны Мндхъуыддæгты адæмон комис- сарады пайда кодтой каид фыдмитæ æмæ фыднад кæпыны системæйæ нæ, фæлæ психикои мадзæлттæй дæр. Æмæ афгæмæй бирæ ахст адæнмæгтæн 98
сæ къух æвæрын кодтон, рагагьоммæ машинкæйыл мыхуыргонд чи уыд, ахæм гæххæтгыты бын, фысг та дзы уыднс, слесты пьпæ фæндыд, уыдæттæ». Гатуты Фагимæ алцæмæп дæр бабыхста: цъыфкалæнтæи далр, хъуыддаг æвзарыны æндæр чъизи мадзæлттæн дæр. Фатимæ фæуæлахиз, фæлæ Полян- ский дæр разы нæ уыд сасгы быпаты баззайыныл. Æппыидæр æп æфхæрæг кæп нæ уыдзæн, ууыл йæ зæрдæ фидарæй кæй дардта, уымæ гæсгæ иæ амæддагыл æххуырста, цыдæриддæр æй фæпдыд æмæ хъуыд, уыдон. Мæпæ уымæн цæстуыпгæ а^зднсæпдар: «ФИДАР ÆЙ КÆНЫН» ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-йы МИДХЪУЫДДÆГТЫ АДÆМОН КОМИССАРЫ ХÆСТÆ ÆХХÆСТГÆНÆГ ПАДДЗАХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ ХИСТÆР ЛЕЙТЕНАНТ (Шестаков) 1938 а ш « » август ЗЫЛЫНГÆНÆГ ХАТДЗÆГ Гатуты Фатимæ Барисы чызджы зылын кæныны хъуыд- даг № , райгуырд 1903 азы Цæгат Ирыстоны АССР-йы Джызæлы, цæры горæт Мæскуыйы, ирон, ССР Цæдисы гражданкæ, æнæпартион, помещичы чызг, студенткæ. Гатуты Фатимæ Барисы чызг у Гатуты Алексейы фырт Константины (Дчахойы) ус. Антисоветон рахизоп-националисюн террористои оргаш1>:а- ципы разæнгардæй кæй архайдта, уын тыххæн ССР Цæдисы Сæйраг тæр- хондоиы Хæстоп коллегийы фыдраконды бынатмæ ацæуæг сесси 1938 азы 13 нюлы Гатуты Алексейы фырт Констаптинæп (Дзахойæн) рахас1а гæккæ карздæр тæрхои — ФЕХСЫНЫ ТÆРХОН. Гатуты Фатимæпы антисоветон организацийы гсррорисгон къордмæ ба- кодта йæ лæг. Гатуты Фатимæ иæхи аххосджыиыл нæ бапымадта. Хъуыддаг ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон коллсгимæ бадæт- тыны фаг зылынгæнæи æрмæг дзы иæй. Æппæт уыдæттæм гæсгæ æмæ ССР Цæдисы Мидхъуыддæпы адæмон комиссары 000486-æм бардзырдмæ гæсгæ ацы хъуыддаг бадæтгæ у ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады Сæрмагонд æмбырдмæ. Мидхъуыддæпы адæмон комиссарады паддзахадон æдасдзинады управленийы 4-æм хайады оперативон бæрнджын паддзахадон æдасдзинады лейтенант (Полянский) Зылынгæпæи хатдзæг кæддæриддæр нымод уыдис æмæ у уголовон хъуыд- даджы кæронбæттæныл æмæ дзы цыдæриддæр загъд вæййы, уыдæттæ хъуа- 7* 99
мæ уой закъопы бæлвырд домæпты аккаг. Фæлæ ацы документы сæ кой Дæр нæй закъоны уагæвæрдтæн, нæ дзы ранымадтой, Гатуты Фатимæйы азымджын цæмæй кæнынц, уыцы фыдракæнды хабæрттæ, закъон куыд до- мы, афтæ дзы иртæст пæу йæ фыдракæнды архайд, уымæн æмæ бæрæг нæу, цæмæй йæ зылын кæнынц, уый. Документ ныффысджытæ рæдигæ фæкодтаиккой æви барадон æгъдауæй афтæ æнахуыргонд разыидысты, уый бæрæг нæу, фæлæ дзы бынтон растæй фыст æрцыд: «Хъуыддаг ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон колле- гимæ бадæттыиы фаг зылынгæнæн æрмæг дзы нæй». Куыд уыпæм, афтæмæй Полянский йæхæдæг æрцыд, Гатуты Ф. Б. ах- хосджып кæй нæу, уый тыххæй бынтон раст хатдзæгмæ, фæлæ йæ ахæсто- нæй рауадзыиы уыиаффæ рахæссыиы бæсты хъуыддаг арвыста ССР Цæди- сы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады Сæрмагонд æмбырдмæ, хъуамæ дзы йæ къух æрæвæрдтаид адæмон комиссар кæнæ йæ хæдивæг, фæлæ дзы иуы къухæвæрд дæр нæй. 1938 азы 8 октябры хъуыддаджы бавæрдтой ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты адæмон комиссары Сæрмагонд æмбырды прото- колæн рафыст. ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады Сæрмагонд æмбырды ПРОТОКОЛÆЙ РАФЫСТ 1938 азы 8 октябрь ХЪУЫСТОЙ УЫНАФФÆ РАХАСТОЙ 5. Хъуыддаг № 9139, Цæгат Иры- Гатуты Фатимæ Барисы чызг, куыд стоны АССР Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй Гатуты Фатимæ Барисы чызг 1903 цæуæджы бннойнаг, фондз азы æм- азы гуырд, пъамещичы чызг гъуыдæй конд æрцæуæд хъомыла- донфæллойадон лагеры, йæ ахсты æмгъуыд нымайгæ у 1937 азы 17 ноябрæй. Хъуыддаг лæвæрд æрцæуæд архивмæ. Сæрмагонд æмбырды бæрнон секретарь И. Шапиро Афтæ лыггонд æрцыд Гатуты Фатимæйы æмæ йæ æнахъом фырты хъыс- мæт, ахастой сæ. Сæрмагопд æмбырды уынаффæ фехъусын кæныны фæстæ Фатимæйы этапæй аластой, сæ койæ адæм æмризæджы кæмæн рызтысты, уыцы зынд- гоид’ мордвайаг лагерьтæм æмæ уым ахстæй фæцис фондз азы дæргъы. Иæ ахсты æмгъуыд кæй ахицæн, уымæ гæсгæ йæ 1942 азы 17 ноябры рауагътой, фæлæ раздæр кæм царди, уым ын æрцæрыны бар нæ уыд. Лаге- 100
ры баззад барвæнд æххуырсты уагыл, æрмæст ын 1944 азы радтой Влади- миры облæсты горæт Александровы æрцæрыны бар æмæ дзы фæцарди 1952 азы онг. Уыцы азты дæргъы Фатимæ уыдис зæхкусæг, саукусæг, медицинон хо, йæ сыгъдæгзæрдæ фæллойы тыххæй хорзæхгонд æрцыд майданæй «Герма- ныл уæлахизы тыххæй» № 0101777. Кæд сыгъдæгзæрдæйæ куыста æмæ сæ- рибар адæймагыл нымад уыдис, уæддæр ын нæ лæвæрдтой Мæскуыйы цæ- рыны бар æмæ раздæрау иппæрд уыд йæ иунæг хъæбулæй. 1950 азы ныф- фыста писмо Сталинмæ, куырдта, цæмæй йæ тæрхонгонды’л мауал нымайой æмæ йын радтой йæ иунæг фыртимæ Мæскуыйы цæрыны бар. Писмоимæ ар- выста ахъаззаджы характеристикæтæ æмæ ныффыста, йæ аххос, ирон лæджы ус кæй уыдис, æрмæст уый мидæг кæй ис. Фæлæ йын дзуапп нæ радтой. 1951 азы Фатимæ ногæй курдиат балæвæрдта ССР Цæдисы Паддзаха- дон æдасдзинады министрадмæ. 1952 азы йын фехъусын кодтой, раздæрау тæрхонгондыл нымад кæй цæуы. Уый та амыдта афтæ, æмæ йын Мæскуыйы цæрыны бар нæ уыд. Раздæрау кæрæдзийæ хицæнгонд уыдысты йæ фыр- тимæ, раздæрау æфхæрд æййæфта, аххосджын кæмæй нæ уыд, уыцы фыд- ракæнды тыххæй. 1954 азы 19 ноябры Фатимæ курдиат арвыста Сæйраг хæстон прокурор- мæ. Гатуты Дзахойы цардæй дзы дзæвгар хабæрттæ кæй ис, уымæ гæсгæ йæ æрхæссæм иучысыл цыбыртæгондæй. СÆЙРАГ ÆФСÆДДОН ПРОКУРОРМÆ Гатуты Фатимæ Барисы чызгæй, цæрын горæт Мæскуыйы Калашиый цæхгæрмæ уынджы 10-æм хæдзары 5-æм фатеры, райгуырдтæн 1903 азы Цæгат Ирыстоны Автономон Республикæйы, ирон. КУРДИАТ Мæн æрцахстой 1937 азы ноябры Мæскуыйы, Фрунзейы уынджы 9-æм хæдзары 10-æм фатеры. Уыциу рæстæг æрцахстой мæ сæры хицауы дæр — фыссæг Гатуты Алексейы фырт Константины. Дæс боны фæстæ мæ этапæй арвыстой горæт Орджоникидземæ æмæ уым ахæстоны фæбадтæн афæдз æмæ аст мæйы. Куы мæ æрцахстой, уæд мæм æрмæст мæй æмæ æрдæджы фæстæ фæсидт хайады хицау Полянский æмæ мын загъта, зылынгонд кæй цæуын ахæм хуызы, æмæ, дам, ома дæ буржуазон-националистон организацийы уæнг æмæ цæттæгонд æрцыдтæ фæтæгты ныхмæ террористон архайдмæ. Фарстой мæ Полянский æмæ ноджыдæр дыууæ адæймаджы. Фæрсыны рæстæг хъуыддаг æвдыстой ахæм хуызы, цыма Гатуйы-фырт кодта контр- революцион куыст æмæ уый мæнæн дæр зындгонд уыдис. Тынгдæр ыл цæ- мæй баууæндон, уый тыххæй Полянский æрбахаста егъау бæзджын тетрад — мæ лæджы æмæ къорд æндæр ироны (Цæлыччы-фырты, Гусалы-фырты, 101
Бутайы-фырты) къухфыст. Æцæгдæр, мæ лæджы къухфысты куыд загъд ис, афтæмæй «дæргъвæтин рæстæг сæттын нæ куымдта», фæлæ æппынфæс- таг йæхи аххосджыныл банымадта: хъуамæ, дам, Цæгат Кавказмæ æрбала- стаид фаг хæцæнгарз, стæй, дам, баст уыдис фæсарæйнаг контрразведкæ- тимæ. Цæлыччы-фырт æмæ Гусалы-фырт цытæ радзырдтой, уыдон дæр ба- кастæн: «Гатуты хæдзары арæх æмбæлдыстæм æмæ зыдтам, Гатуйы-фырт нæ организацийы уæнг кæй у, уый». Зын бамбарæн нæу, Полянский Гатуйы- фырты йæхиуыл тугтæ æрæмысыны онг цы хуызы æртардтаид, уый. Дыууæ мæйы фæстæ мæм Полянский ногæй фæсидт, лæгæй-лæгмæ мæ æрлæууын кодта Гæцойты Иванимæ, уый сæргуыбырæй бадти, афтæмæй дзуапп лæ- вæрдта Полянскийы фæрстытæн, йæ ныхас тыххæйты хъуысыд. Æз ма По- лянскийы афтæ дæр афарстон: æгас у æви мард? Уыцы трагикомеди Полян- скийы цæмæн бахъуыди, уый зын зæгъæн у. Цæмæйты мæ азымджын кæ- нынц, уыдæттæ иууылдæр æнæбындур æмæ æрæмысгæ сты, зæгъгæ-иу куыд- дæр бамбарын кæнынмæ хъавыдтæн Полянскийæн, афтæ-иу мæ сдзурын нал бауагъта: «Дæ ныхæстæ хъуыддагимæ баст не сты». Мæ къух цавæр ныхæ- стыл æрæвæрдтон, уый хъуыды дæр нал кæнын, фæлæ йæ куыддæр æрæвæрд- тон, афтæ мæ камерæмæ акодтой. Раст зæгъын хъæуы, Гæцойы-фырты æз зыдтон. Мæ цардцæрæнбон æй федтон дыууæ хатты. Фыццаг хатт — Цент- рон Æххæстгæнæг Комитеты Ирыстоны раздæры минæвары куы ныгæдтой, уæд, дыккаг хатт та — мæ сæры хицаумæ куы æрбацыд нæ хæдзармæ, уæд. Гатуйы-фырт нартхоры тыххæй статья фыста журнал «Мах æнтыстдзинæд- тæм», Гæцойы-фырт та уæды заман уыд нартхоры комбинаты директор. Æндæр ницы зыдтон Гæцойы-фырты тыххæй. Камерæмæ куы æрбаздæхтæн, уæд бахостон сыхаг камерæйы къул, уым бадтысты ирон нæлгоймæгтæ, æмæ сæ бафарстон: «Цы хабар у? Æцæг стут адæмы знæгтæ æмæ уæ цæсгом æцæг бахордтат, æмæ уæд махæн, сылгоймæгтæн куыд кæнгæ у — худина- джы хъарджытæ уыл фæкæнæм? Кæд афтæ нæу, уæд уæхи азымджыныл цæмæн банымадтат æмæ æнæхъæн романтæ цæмæн мысут уæхиуыл?» Дзуапп мын радта Тотыры-фырт, газет «Социалистическая Осетия»-йы редактор (зонгæ нæ уыдыстæм): «Мæ усæн æмæ афæдз æмæ æрдæгдзыд фыртæн фе- хъусын кæнут, адæмы раз, бæстæйы раз æмæ мæ бинонты раз кæй дæн сыгъдæзæрдæ партион, мæ зæрдæмæ æппындæр ницы хæссын. Ацы ахæсто- ны чи нæ абадт, уый мах ницы хуызы бамбардзæн». Уæззау зæрдæнизимæ æрхуыссыдтæн æмæ сыстын мæ бон нал уыд, абон-райсом мæ адзалмæ æн- хъæлмæ кастæн, æмæ уæд Полянский равдыста, цас адæймагуарзон у, уый: ахæстоны рынчындонмæ арвитын мæ нæ бауагъта (афтæ мын дзырдта, ка- мерæйы мын чи æххуыс кодта, уыцы дохтыр). Цалдæр боны фæстæ мæ рынчынæй, æнæ дарæсæй (айдагъ кофтæйы æмæ ибкæйы) ноябры мæйы аластой Мордвайы Темниковойы лагерьтæм. Æрмæст мын уым бакастысты Сæрмагонд æмбырды уынаффæ: стæрхон мын кодтой фондз азы æмæ дзы бадгæ дæр фæкодтон фондз азы, ме ’взонг царды хуыздæр азтæ, уыимæ мын дыууæ азы æмæ æрдæг писмо ныффыссыны бар нæ уыди. Цæй тыххæй, цы ракодтон, уымæн æппындæр ницы æмбарын. Лагеры куыстон, уыдтæн 102
хуыздæр стахановон, мæ хæслæвæрдтæ æххæст кодтон 200—250 процентæй. Куыстæй нæ фæпух дæн, афтæмæй тынг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæдæн медицинон хоты астмæйон курсытæ (уыцы хъуыддаг мын фæстæдæр фæахъаз ме ’нæниздзннад бахъахъæнынæн). Лагеры дæр æмæ сæрибарæй дæр бирæ фæхъуыды кодтон нæхионы хабæрттыл, æрвылбоны царды дæр æмæ поли- тикæйы дæр йæхи куыд дардта, ууыл. Æмæ ныр, бирæ фыдæбæттæ æмæ хъизæмар бавзарыны фæстæ ард хæрын мæ иунæг рынчын хъæбулæй, ард хæрын йе ’нæниздзинад æмæ йæ цинæй, ард хæрын куыд сыгъдæгзæрдæ советон сылгоймаг: Гатуйы-фырт æппындæр аххосджын ницæмæй уыд. Со- ветон цардарæзтæй æмæ йæ фæтæгтæй райгонд нæу, уый æппынчар никуы бафиппайдтон æз. Раст зæгъын хъæуы, зæрдæмæ ныккæсæн нæй, куы уаид, уæд та нæ зæронды бонтæ уаиккой удæнцой æмæ зæрдæрухс. Дæлдæр цы хабæрттæ æрхæссон, уыдон искæмæ, чи зоны, æгæр лыс- тæг хъуыддæгтæ фæкæсой, фæлæ уæвæн ис æмæ фæахъаз уой, Гатуйы-фырт бынтон рæстудæй кæй бабын, уый бамбарынæн. Уымæн æмæ адæймаджы удыхъæд хатгай лыстæг хабæрттæй хуыздæр раргом вæййы. Рæстзæрдæ æмæ æргомдзырд адæймаг кæй уыд, уымæ гæсгæ иумæ цы дыууадæс азы фæцардыстæм, уыдоны дæргъы йæ бон нæ бацадаид йæ удыхъæд æмбæхсын. Гатуйы-фырт гæдымитæ нæ уарзта, зæвæтсдæр нæ уыди; кæд исты ныффыстаид, уæд-иу æфсæст уыдыстæм, арæхдæр та ныл кодта уæззау бонтæ. Зæрдæбынæй цин кодта Советон хицаудзинады циныл æмæ зæрдиа- гæй хъыг кодта йæ хъыгтыл... Иуахæмы Дзæуджыхъæуæй æрцыд нæ зонгæ Хетæджы-фырт æмæ æз дæр семæ бадтæн, афтæмæй ныхас кодтой: «Костик, де статьяны кой йеддæмæ ницуал ис, Ирыстоны дын дæхи равдисгæ нал у. Берия бафæдзæхста, зæххы бынæй дæр дæ куыд скъахой, афтæ». Гатуйы-фыртмæ уыцы ныхæстæ худæг фæкастысты æмæ загъта: «Ау, агуринаг цæмæн фæдæн, исты, мыййаг, мæнгтæ ныффыстон?» Æцæгдæр Га- туйы-фырт рауагъта статья «Дзау» журнал «Мах æнтыстдзинæдты», 1936 азы æвдæм номыры. Йæ статьяйы æрхаста, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Иры- стоны центрон æххæстгæнæг комитетты разамонæг кусджытæ цæстфæливæн митæ кæй кæнынц, уымæн æвчисæнтæ, бацамыдта хуссарирыстойнаг раза- монджытæ уæ*бын æмæ хирвæссон кæй сты, фехъусын кодта, пайдагонд кæмæй иæ цæуы, ахæм æрдзом хæзнаты æвæрæнты (зды, цинк, никель, ан- дезий æмæ æндæрты тыххæй). Загъта, Хуссар Ирыстоны фæндæгтæ кæй нæй æмæ фæпдæпæ аразыны фондзазон пълан æххæстгонд кæй не ’рцыд, уый аххосæй Чысангомы пайдагонд кæй нæ цæуы хизæнуæтты мингай гектартæй. Статьяйы Гатуйы-фырт æрхаста Гуырдзыстоны Центрон Æххæстгæнæг Ко- г.штеты инструкторы ныхас Знауыры районы зоотехникимæ; зоотехник æнæ- мæтхуызæй фехъусын кодта инструкторæн: знаураг разамонджытæ ронбæгъд кæй сты æмæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц, уый аххосæй фæхæдмæл сты дыууæ мин хуыйы. Куыд уынæм, афтæмæй Гатуйы-фырт ныфсджынæй æргом кодта Хуссар Ирыстоны разамонджыты куысты хъæн- тæ а>мæ уый дæр дзурæг у йæ сыгъдæг удыхъæдыл. Хуымæтæджы нæ кодтой æгас Ирыстоны дæр статьяйы кой, хуымæтæджы нæ бафæдзæхста гадзраха- 103
тæй цæуæг Берия Гатуйы-фырты зæххы бын дæр ссарын. 1937 азы октябры кæрон Фысджыты цæдисы фæдзæхстмæ гæсгæ Гатуйы-фырт æвзæрстыты размæйы кампанимæ ацыд Рязаны облæстмæ. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд стыр цинимæ дзырдта, адæм ыл куыд зæрдæхæларæй æмæ æхсызгонæй сæм^ бæлдысты, уый тыххæй, равдыста урсурсид дзулы хай: «Мæнæ ахæм дзул хæрынц колхозонтæ; раздæр кæй никуы ацыдтæн Рязанырдæм, ууыл стыр фæсмон кæнын». Искуы-иу хаттæй фæстæмæ алы сæрд дæр нæ фæллад уагътам ме ’фси- ны хæдзары. Иуахæмы нæ тыргъы æрурæдта æмæ нын сусæгхуызæй фе- хъуысын кодта, хæдзар мах гыццыл фырт Сосланыл ныффыссынмæ кæй хъавы. Мах ныххудтыстæм æмæ Гатуйы-фырт йæ мадæн дзуапп радта: «Мама, кæд мын мæ зæрдæ балхæнынмæ хъавыс, уæд нæ хæдзар æххæст- комæн балæвар кæн; нæ фырты бынтæ ницæмæн хъæуы, Советон хицауад ын хорз бынтæ ратдзæн — ахуырад». Зæронд ус нæм æдзынæг бирæ фæкаст, стæй уæд арф ныуулæфыд, йæ сæр банкъуыста æмæ загъта: «Нæ, æххæст- комæн æй балæвар кæнын мæ зæрдæ нæ бакомдзæн, уæ фыдимæ (Гатуйы- фырты фыд уыдис сауджын) айдагъ хъæдуры æвджид æгæр бирæ рæстæг фæцардыстæм æрдæгæххормагæй. Чи зоны, мæ къуымтæ сымахæй искæмæн бабæздзысты (йæ цот дыууадæс уыдысты)». Гатуйы-фырт куыд цæстуарзон æмæ хæларзæрдæ уыди, уый тыххæй мæ бон бирæ хабæрттæ радзурын у. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон лыстæг хабæрттæ сты, знаг та йæ кæнон дæргъвæтин рæстæг кæны, хинæй æмæ фæсномыгæй. Гатуйы-фырт бацис знаджы а^æддаг. Гатуйы-фырт цы хæдза- ры райгуырд æмæ схъомыл, уым йæ хистæр æфсымæртæ æмæ хотæ иууыл- дæр уыдысты сусæгкуыстгæнæг революционертæ, Гатуты хæдзар та уыдис Терчы бæстæйы сусæгкуыстгæнджыты тохы цснтр. Гатуты Дзахойы мад Советон хицауадæй иста персоналон пенси 300 сомы. Æз мæхи цæстытæй федтон, мæ сæры хицау Гатуйы-фырты мын 1938 азы 13 июлы 11 сахатыл куыд фехстой, уый. Йæхæдæг нал ис, фæлæ йын баззад йæ мыггаг хæссæг фырт, стæй йæ ус, абон дæр ыл бады ахсты ном. Æмæ уыцы хабар махæн у тынг зын. Ныр, кæд байрæджы, уæддæр мæ зæрдæ фидарæй дарын, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, ууыл, æмæ уыцы рæст- дзинад мæнæн ратдзæн æппæт советон адæмы æмрæнхъ кусыны хъарутæ. Уæлдæр цы хабæрттæ радзырдтон, уыдон мæнæн дæттынц рæстдзинадыл мæ зæрдæ дарыны æмæ сымахæй дыууæ хъуыддаджы курыны бар: 1. Ногæй æркæсут Гатуты Алексейы фырт Константины хъуыддагмæ æмæ йæ сраст кæнут йæ мæлæты фæстæ. 2. Сраст кæнут мæн дæр, уымæн æмæ мын Сæрмагонд æмбырд тæрхон рахаста куыд контрреволюционеры бинойнагæн. Иунæг гæды ныхас дæр дæм нæ ныффыстон. Мæ хъысмæтмæ мын æр- кæсут, алыг æй кæнут æмæ мын раттут мæ бинонтимæ удæнцойæ цæрыны фадат. Æвддæс азы дæргъы бирæ алыхуызон хъизæмæрттæ æмæ æфхæрд баййæфтон, уыимæ моралон æгъдауæй дæр æмæ материалон æгъдауæй дæр. ГАТУТЫ Ф. Б. 19/10-54 аз 104
МÆ АВТОБИОГРЛФИ Райгуырдтæн 1903 азы 31 декабры Цæгат Ирыстоны Джызæлдоны рай- оны Джызæлы. Мæ фыд Зыгъуытаты Василийы фырт Барис амарди 1929 азы, мæ мад Зыгъуытаты Аннæ Андрейы чызг амарди 1916 азы. Смой код- тон Гатуты Алексейы фырт Констатинмæ. 1929 азæй 1937 азмæ тæлмац кодтон ирон æвзагæй уырыссагмæ. 1933 азæй 1937 азмæ ахуыр кодтон Мæс- куыйы Ленины номыл педагогон институты литературон факультеты (афæдз фæцахуыр кодтон уыцы институты кусджыты курсыты). Мæ тæлмацтæ мы- хуыргонд цыдысты мæскуыйаг журналты: «30 боны», «Адæмон ахуыргæнæг», «Академия» æмæ æндæрты. 1937 азы мæ æрцахстой æмæ мæ рауагътой 1942 азы, Афæдзы лæргъы, ома, 1943 азæй фæстæмæ барвæпд æххуырстæй куыстон лагеры медицинон хайы. 1944 азæй фæстæмæ уыдтæн Владимиры облæсты Александровкæйы 5856-æм госпиталы медицинон кусæг. 1946 азæй 1950 азы онг уыдтæн Профцæдисты æппæтцæдисон центрон советы систе- мæны медицинон кусæг. Ис мæм хицауадон хæрзиуæг æдоæ арфæйы гæххæт- тытæ кæмдæриддæр куыстон, уырдыгæй, фыст мын ис арфæйы ныхæстæ. 19/Х1-54 аз. Хъуыддаг ногæй æвзарыны рæстæг бафарстой сæдæгай æвдисæнты, раиртæстой СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы, Цæгат Ирыстоны АССР-пы Паддзахадон æдасдзинады комитеты, СЦКП-йы Ценчрон Комптегы, Марк- сизм-ленинизмы институты æмæ æндæр республикæты, крайты æмæ облæст- '1Ы æдасдзииады оргæнты архивтæ. Куыд раргом, афтæмæй раздæры Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады оператнвон кусджытæ кæй æрцахстой æмæ æнаххосæй йæхиуыл тугтæ мы- сыиыл разы чи нæ уыдис, уыдонæн кодтой алыхуызон фыдмитæ, цалдæргай бонтæ æмæ æхсæвтæ сæ уырдыг лæууын кодтой, хуыссып сæ нæ уагътой, хойраг æмæ сыи дон нæ лæвæрдтой, цалыпмæ фыдраконд сарæзтон, зæгъгæ, басастаид æмæ иннæтыл дæр цъыфкалæн фæкодтаид, уæдмæ. Цæгат Иры- стоны АССР-йы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады раздæры хъуыдда- гæвзарæн хапы хицау Городничеикойы куы бафарстой, уæд куыд радзырд- та, афтæмæй 1937 азы ЦИ АССР-йы Мидхъуыддæгты адæмоп комнссарады æппындæр ницы бæрæггæнæнтæ уыд аитисоветон националистон организацийы тыххæй, фæлæ кæй æрцахстой, уыдонæи фыднад кæй кодтой æмæ бар лæ- вæрд кæмæн нæй, ахæм мадзæлттæй пайдагонд кæй цыднс, уымæ гæсгæ хъуыддагæвзарджыты къухы бафтыд, цавæр сæ фæндыд, ахæм дзуаппытæ. Ахст адæмы фыднад кæй кодтой æмæ æвирхъауы фыдмитæ кæй æвзæр- стой, уый цæмæй тæрхоны рæстæг ма рабæрæг уа, уый тыххæй хъуыдда- гæвзарджытæ ахстытæн дзырдтой, сæ фыдракæндтыл цæмæй басæпой, уый кæй у партийы æмæ советои хицаудзинады пайдайæи, чи нæ басæтта, уы- доиы фехсдзысты, чи басæтта, уыдон та æгасæй баззайдзысты. Городннчеико куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Мпдхъуыд- ’дæгты адæмон ко’миссарады разамынд æппæт хъуыддагæвзарджыты дæр 8 Мах дух № 5—6 105
дзуапдæттæгыл нымадта, ахст адæм тæрхоны рæстæг сæхи куыд дардзысты, ууыл. Ахст адæмаэн-иу бамбарын кодтой, слесты рæстæг цытæ радзырдтой, уыдоныл тæрхоны рæстæг куынæ басæттой, уæд сæ хъуыддæгтæ лæвæрд кæй æрцæудзысты уæлæмхасæн равзарынмæ æмæ сар сæ сæр кæндзæни. Ахстытæн-иу сæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис, сæ сæр цы фæкæной, уый нæ зыдтой, ноджы фыддæр фыднадæй æмæ фыдмитæй тарстысты æмæ-иу тæр- хоны рæстæг дæр сæхм аххосджыныл банымадтой, сæ зæрдæ дардтой æга- сæй баззайыныл æмæ æнаххос кæй сты, уый лагерьты равдисыныл. Городниченко дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй бар лæвæрд кæмæн нæй, ахæм мадзæлттæй 1937—38 азты хъуыддагæвзарæн куысты пайдагонд цыдис комкоммæ Миркин æмæ Шестаковы амындмæ гæсгæ, уыимæ дзырд- той, ахæм амынд Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады уæлдæр лæууæг оргæнтæй, суанг Мæскуыйæ цæуы, зæгъгæ. Адæймаджы зæрдæ ныккæрзы, Лекъты Нинæ Михалы чызг цытæ ра- дзырдта, уыдæттæ куы бакæсай, уæд. 1938 азы ахæстонæй ныхсынмæ райста мидæггаг дзаумæттæ. Семæ цы*къухмæрзæн разынд, ууыл тугæй фыст уыдис курдиат Вышинскийы номыл: «Баистæм цъыфкалæнты амæттаг... фыднад нын кæй кæнынц, уымæ гæсгæ къух æрæвæрын бахъуыд, аххосджын кæмæй не стæм, ахæм фыдракæндтыл. Прокуророн хъусдард нæй. Курæм æмæ нæм дæ хъус æрдар. Æнаххосæй сæфæм, ацы курдиат дæр фыссын бахъуыд ту- гæй, æндæр цæмæй ныффыссæм, уый нæм нæй. Хабæрттæ бæлвырдæй ра- дзурдзыстæм, кæй нæм æрбарвитай, уымæн». Курдиат кæй номыл фыст уы- дис, уымæн æй фехъусын кодтой. Рæстæг цыд. Ахст адæм цагъды кодтой, Генералон прокурор та сæ буцдæрæн хуыдта цъаммартæ æмæ адæмы знæгтæ. Закъонад æмæ æфсарм ахæм хуызы зыгъуыммæгонд кæн цыдысты, уый раргом кæныны фæстæ Сæйраг хæстон прокуратурæ 1955 азы 25 ноябры йæ хатдзæг арвыста ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон коллегимæ æмæ куырдта, цæмæй аива ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон коллегийы 1938 азы 13 июлы тæрхон Гатуты Алексейы фырт Константинæн (Дзахойæн) æмæ хъуыддаг æхгæдыл банымайа, йæ архайды фыдракæнд кæй нæ разынди, уымæ гæсгæ. ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстон коллеги 1956 азы 14 январы йæ уынаффæйæ № 4-Н-014682/55 сразы Сæйраг хæстон прокуратурæйы кур- диатимæ æмæ бацамыдта, зæгъгæ, «антисоветон буржуазон-националистон организаци Цæгат Ирыстоны нæ уыд, æрæмысыдысты йæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады раздæры кусджытæ Мир- кин Шестаков, Городничеико, Полянский æмæ æндæртæ, бар лæвæрд кæмæн нæй, ахæм æнæзакъон мадзæлттæй пайда кæнгæйæ, зыгъуыммæ кодтой, цы хъуыддæгтæ æвзæрстой, уыдон*. Хъусдарды уагыл Сæйраг хæстон прокуратурæ ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондоны Хæстои коллегимæ ноджыдæр балæвæрдта Гатуты Фатимæ Барисы чызджы зылынгæнæн уголовон хъуыддаг æмæ бацамыдта, зæгъгæ, хъуыддаг рагагъоммæ æвзарыны рæстæг Цæгат Ирыстоиы АССР-йы Мид- хъуыддæгты адæмои комнссарады хъуыддагæвзарæг Полянский архайдта 106
ууыл, цæмæй Гатуты Фатимæ зылынгонд æрцыдаид канд гадзрахатæй цæуæ- джы бинойнаджы хуызы нæ, фæлæ цыма йæхæдæг дæр уыдис рахизонты буржуазон-националистон организацийы уæнг, архайдта партийы æмæ хи- цауады разамонджыты ныхмæ террористон митæ бацæттæ кæныиыл æмæ саразыпыл, уыйау. ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондон сразы Сæйраг’ хæстон прокуратурæйы хатдзæгыл æмæ Гатуты Фатимæ æххæстæй дæр расггонд æрцыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у, пæ ироп, С1æй капд ирон иæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы культурæйы зындгонддæр минæвæрттæй иу — Гатуты Дзахо барадон æгьдауæй растгопд кæн æрцыд, уый. Фæлæ нырма быпду- ропæй рапртасинаг сты йæ литературоп æмæ ахуырадои быитæ, æххæстæй рауадзииаг сты йæ уацмыстæ, хъуамæ номарæн фæйнæг æвæрд æрцæуа, кæм райгуырд æмæ рахъомыл, уыцы хæдзары къулыл, йæ иом хæсса йæ райгуырæн Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу. Ахæм æмæ æндæр хорз хъуыддæгты тыххæй нæ фыд, сауджын Гатуты Алексей загътаид: «Хуыцауы бафæндæд!» 8*
Адæмон сфæлдыстад О ИБА ÆМÆ ÆЛДАР Раджы кæддæр цардысты Иба æмæ йæ фыд. Ахæм мæгуыр цард кодтой, æмæ сæ зæхх цæмæй бахуым кодтаиккой, уый дæр сын нæ уыд. Иба бирæ фæрахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ йæ фыды баифтыгъта галты бæсты æмæ байдыдта хуым кæ- нын. Уыцы рæстæджы æлдар рацæйцыд æмæ Ибамæ мæстджы- нæй дзуры: — Лæппу, уый та цы ми кæныс? — Мæ хуымтæ цæмæй бакæнон, уый нæй æмæ...— загъта æфсæрмхуызæй Иба. — Æз дын ратдзынæн гал,— дзуры æлдар,— æрмæст ахæм гал у æмæ, йæтсуыст циу, уый зонгæ дæр нæ кæны — йæ уæлæ цæф никуы æруад. Ибайы нæ уырныдта, æлдар ыи гал ратдзæн уый. Фæлæ йын æй изæрæй куы ’рбарвыста, уæд-ма йæ цинæн кæрон кæм уыд! Гал уыди дынджыртæ æмæ нард. Æввахс бацæуын æм ничи уæндыд. Иба йын куыддæртæ йæ хъуырыл бæттæн акодта æмæ йæ æрбаста. Къуырийы дæргъы йын холлаг æмæ дон нæ радта. Гал æрхаудта, фæлæ ма йыл Иба йæ къух куы æруæгъдтытæ кодта, уæддæр ма йæхи фæхъуынтъыз кодта Афтæмæй та йæ æнæхъæн къуырийы дæргъы иыууагъта æнæ доцæмæ холладжы хъæстæйæ. Гал бынтон æрхаудта. Иба бавдæлд æмæ йын ма- мæлайы дон æмæ холлаг радта, стæй йæ кусынмæ акодта. Бонæй-бонмæ йын фылдæр хос æмæ дон лæвæрдта, æмæ йæ кусын кодта. Афтæмæй гал ахæм кусаг ссис, æмæ йæ æлдар нал базыдта. — Иба, уый мæ гал у, зæгъыс, æви мæ мæ цæстытæ сайынц? — Уый у, уый. — Уæдæ ма дын иу бæх хъуамæ радтон, уый дæр ахæм бæх у, æмæ йæ уæлæ саргъ æвæрд никуыма уыд — нæ уадзы. Бæх уыди къæдзæхы хуызæн бæрзонд æмæ хæрзхуыз, рæ- сугъд. Иба та йæ уыцы хуызæнæй куы федта, уæд æй скъæты бакодта æмæ йыл дуæрттæ сæхгæдта. Æмæ та уый дæр æххор- 108
магæй фæдардта дыууæ къуырийы бæрц æмæ, куы æрхаудта, уæд ын чысыл дон æмæ холлаг радта æмæ йæ кусынмæ акодта. Уыцы рæстæджы та æлдар Ибайы федта æмæ йæ фæрсы: — Иба, уый дын æз цы бæх радтон, уый у? — 0, уый у, уый. — Ехх! — ныуулæфыдис æлдар,— мæ зæрдæмæ фæцыдтæ æмæ ма дын мæ чызджы дæр хъуамæ радтон. Иба фефсæрмы нс, ома мын гал æмæ бæх радта, фæлæ мын йæ чызджы та куыд хъуамæ радта? Æлдары чызг уыди хъал, кусын нæ уарзта. Иба-иу æм уисой куы радта, хæдзар рамæрз, зæгъгæ, уæд-иу æй уый ныз- зыввытт ласта. Уæд Иба бавдæлдис æмæ йын æртæ боны кæр- дзын пæ радта. Чызгæн йæ бон æххормагæй куынæуал уыдпс, уæд ахъуыды кодта, ома ам æнæ змæлгæйæ пицы рауайдзæп æмæ фæлтау рамæрзоп хæдзар! Иба дæр ын уæд мамæлайы къæбæр авæрдта. Уæд чызг дыккаг бон тынгдæр базмæлыд, æмæ йæм уæд хуыздæр хай æрхаудта. Чызг уый фæдыл змæлын байдыдта, зылдис хæдзары къуымты. Иуахæмы дын æлдар сфæнд кодта нæ чызджы бабæрæг кæ- иын. Чызг йæ фыды фенгæйæ йæ размæ разгъордта, циптæ, хъæбыстæ йып кæны. Стæй йыи ахæм фынг авæрдта, æмæ дзы цынæ уыди, хæйрæджы цæстытæй дарддæр! — Фын уынын æви хъал дæн? Нæ мæ уырны, ай мæ чызг у, уый,— дзуры æлдар. — Уын æз дæп, æз, баба,— дзуры чызг,— Ибайы фæрцы алцæуыл дæр сахуыр дæн. — Хорз лæппу дæ, Иба, фæлæ дæ мæгуырдзинадмæ кæсып мæ бон нæ бауыдзæн æмæ дын мæ фæллæйтты æрдæг хъуамæ радтоп. Æлдар йæ ныхас сæххæст кодта. Иба ахæм хъæздыг сспс, æмæ æлдар йæ цуры ницыуал уыдис. Æлдарæн лæппу иæ уыд æмæ, куы мардис, уæд йæ быптæ, йæ адæмы бафæдзæхста Иба- йыл. Æлдар рухсаг уæд, фæлæ Иба йæ адæмы ’хсæн баззадис уарзонæй, амондджын æмæ хæларæй цæргæйæ. Радзырдта йæ Хуссар Иры Нагутнийы хъæуккаг Джусойты Коли, 39-аздзыд. , Ныффыста йæ Джусойты Майæ 1992 азы 2-æм майы. 109
АЛЫХУЫЗОН ТЕМÆТЫЛ ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы Ивгъуыд аз, «Фидиуæджы» 11-æм чиныджы Чеджемты Геор ныммыхуыр кодта цымыдисаг уац «Ир». Уым автор чиныгкæсджыты уырнын кæны, кæцыдæр дуджы, дам, хъуамæ кæмдæр иу ирон хъæу хуындаид Уæллаг Ир æмæ, дам, комы ном Уæлладжыр уымæй равзæрд. Кæй зæгъын æй хъæуы, Георау арсимæ кæрдо чи фæ- цæгъды, кæнæ сагимæ дугъы чи рауайа, æз уыдонæй нæ дæи, фæлæ, дам, аргъау авдсæрон у, фæзæгъынц, æмæ кæддæр Уæлладжыры цомы равзæрды тыххæй цы таурæгъ фехъуы- стон, уый цыбырæй Чеджемы-фырты аргъауы фарсмæ мæ зæрды ис æрæвæрын. Уæдæ афтæ. Уæлладжыры ком ма суанг Алагирæй Буро- ны поселочы онг уæ цæстытыл ауайæд. Комы хуссарварс уыдис ахæм хъæутæ: Мадзатыхъæу, Тæмискъ, Быз, Ксурт, Сæхæгкатæ, Гусойтыхъæу, Стыр Мызур, Сулæрттæ, Нæуæг- хъæу, Ход, Тхамон, Уæллаг Садон, Абайтыхъæу, Зджыд, Нæзыджын, Нузал, Хуыкъалы æмæ Цъæй. Цæгатварсы хъæутæ: Зынцъар, Инджынтæ, Урсдон, Да- гом, Донысæр, Цъамад, Джими, Холыст, Уынал, Æрхон, Луар, Дæйыхъæу, Цъус, Къора, Бад. Цы хъæутæ ранымадтон, уыдонæй Урсдон, Дагом æмæ Донысæры йеддæмæ иннæтæ Уæлладжырмæ мурдæр кæй ни- цы бар дарынц, уый ацы комы цæрджытæй алчи дæр йæ фондз æнгуылдзы хуызæн зоны. Уæлладжыр хуындис æмæ абон дæр хуыйны, Хъæриуы хохы урс дæллагхъуыр, ныр дæр ма зæрватыччы хæлд ахстæттау, сæ систы хæлддзæгтæ кæмæн зынынц, уыцы æртæ хъæууаты: Урсдон, Дагом æмæ Донысæр. Дагомæн йæ хæдфарсмæ ис Цъамад, Урсдоны цур та — Инджынтæ, фæлæ уыцы дыууæ хъæуы цæрджытæ дæр сæхи Уæлладжырыл никуы нымадтой æмæ абон дæр нæ ны- майынц. Цæуылнæ? Уымæн æмæ Уæлладжыры ном цы æртæ хъæуы хастой, уыдонæн рагзаманты уыдис, комбæсты раз дзуапп кæуыл лæвæрдтон, дыууæ ахæм чъырамад фидары. Сæ иу хуындис, æмæ йæ бынæттон адæм абон дæр хонынц 110
Дæллаг чъыра’мад. Ис Вызыхъæуы бакомкоммæ Æрыдоны рахиз фарс. Кæддæр фæндаг уыцы фæрсты уыд æмæ дзы тыхгæнæгæн æрбахизæн нæ уыд, дуар ын куынæ бачындæ* уыдаид, уæд. Уæллаг чъырамад та нс уалæ Хъæриуы хохы фæтæн ри- уыл, Донысæры сæрмæ (сты Нузары фидæртты халдих). Бы* иæн сæм гæды дæр не схилдзæн, уæлæты та сæм цъиу дæр не ’ртæхдзæн. Цыбырдзырдæй сæм схилæн дæр æмæ æрбабырæи дæр ничердыгæй ис. Гъе уыцы Уæллаг чъырамадæй раитысти нæ цытджын комы ном Уæлладжыр. Ацы цымыдисаг таурæгъ æз фехъуыстон 1950 азты. Цъа- мады хъæуы цæрæг, хъуытазхъуыр, мæлгъæвзаг куырыхон зæронд лæг Черчесты Джеорджийæ. Уæд ыл йæхимæ гæсгæ 130 азæй фылдæр цыди. Дæс, фынддæс азы, дам, мыл куы цыд, уæддæр, дам, ма иуæй-ну хистæртæ Уæллагчъыр дзырд- той, фæлæ азтæ цыдысты æмæ не ’взагæн æицондæр, лæгъз- дæр дзурыны тыххæй Уæллаг чъырамады бæсты ныффидар Уæлладжыр. 111
\ЛЛЛЛЛЛ/У\/\/^^\/\ЛЛЛЛ/\ЛЛЛЛ^ ТЕДТОЙТЫ ЗИНÆ ИРОН ДЗЫРДТÆ ÆМÆ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ ХЪАНЫХЪУАТЫ ИНАЛЫ ОЧЕРКЫ Хъаныхъуаты Ипалы сфæлдыстады сæйраг миниуæг у, ирон адæмы хъысмæт цы уацмысты æвдыста, уыдонæн национ хуыз кæй ис, уый. Уыцы уацмыстæй у очерк «Ирон хъæуы» дæр. Зын бафиппайæн нæу, очер- кы сæйраг бынат ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ сфæлдыстад æвдыст кæй цæ- уынц, уый. Ирон дзырдтæ æмæ ныхæстæ автор текстмæ бахаста фиппаинæгты æмæ алыхуызои бацамыпдтыты фæрцы. Уæлдай ахадындзинад ис, хъуы- дыйæдтæп сæхи мидæг цы æмбарынгæнæн дзырдтæ ис, сфæлдыстадон хæстæп дзуапп чи дæтты, уыдонæн. Æнцонæй ратæлмац кæнæн уыди уырыс- сагмæ дзырдтæ инæлар, кæнæ улупа хæрынц. Фæлæ чиныгкæсджыты архай- джытæм æрбаввахсдæр кæныны тыххæй ацы дæнцæгты уырыссаг тексты дæтты иронау. Хуызæгæн цалдæр скъуыддзаджы æрхæссæм, куыд сты, аф- тæмæй, ома уырыссагау: «Потом желали мне быть инæларом (генералом) или офицером. У нас, в особенности женщины, никак не могут допустить, чтобы учась у русских в школе, не получить офицера». Кæнæ мæнæ ахæм рæнхъытæ: «Это хорошо,— говорит он,— только не забывай своих,— добавит он, и также сошлется на тех офицеров наших, которые, по его мнению, улу- па хæрынц (т. с. прокручивают свое жалованье) и пренебрегают своими». Æмбарын нын цы дзырдтæ кæны, уыдонæй иукъорд баст сты ироп æгъдæуттимæ: «Они шли ие с пустыми руками, но каждая несла с собою хуын (три пирога, жарениые иа масле или испеченные в золе)». Вот при- близились около десяти жепщин. Это мæрддзыго»^1 из соседнего аула; арба поодаль следует за ними». Сæрмагондæй лæмбынæг æмбарын кæны дзырд «мæрддзыгой»-ы мидис: мæрддзыгой, зæгъы, уыдон уыдысты, æндæр хъæуæй Дæлдæр тексттæ лæвæрд цæудзысты тæлмацгондæй. 112
æрбацæуæг; мардыл хъыггæнæг сылгоГшæгтæп бирæ лæгъстæ кæныи нæ хъуыди мæрддзыгой ацæуыны тыххæй, уымæн æмæ-иу сын фæцис æвæджиау фадат аныхæстæ кæнынæн, искæй кæйттæ акæнынæн. Дарддæр цæуы æндæр скъуыддзаг дзырдтæ кæстæрдзинад æмæ уæздандзинадимæ. «Пацо — прото- тип Данела. Он тоже из нашего аула и отличается учтивостыо и кæстæрдзи- над ’ом (прислуживанием старшим)»; «Данел ухаживает за гостем. Он очень хорошо знает уæздандзинад (узденский этикет)». Ахæм дзырдтæ æвдисынц царды алыхуызон фæзындтæ, комкоммæ сын нæй ратæлмац кæнæн уырыссаг æвзагмæ, æмæ уый фæрцы уæлдай хъомыс- джындæр у сæ стилистикон ахадындзинад тексты мидæг. Фыссæг æмбарын кæны хæдзары дзаумæтты æмæ кусæнгæрзты нæмттæ дæр: «Ацы кæрт иннæ сыхаг кæртытæй ницæмæй хицæн кæны йæ асæй дæр æмæ йæ кондæй дæр, дыууæ бæстыхайæ сæ иуы ис дыууæ хатæны: иу дзы хуыйны уат, иннæ та тæвдгæнæн». Ацы ран автор æмбарын кæны ирон дзырдты мидис. Уаты, зæгъы, æдзухдæр вæййынц сылгоймæгтæ... Къулрæ- бын вæййы сынтæг (стыр хуыссæн), уый вæййы диваны бæсты дæр. Тæвд- гæнæн хъæуы зымæг биноиты хъарм кæныны тыххæй. Кæцыфæнды ирон цæрæнбынаты фарсмæ дæр ис хæдзар. Хæдзар хъæуы иуæй хæринаг кæны- нæн, иннæмæй та дзы вæййынц уæздæтты æххуырстытæ. Сау адæмæн цы хæдзæрттæ ис, уыдоны та бинонтæ се ’гас дæр фæцæрынц боны дæргъы. Уæлдæр цы скъуыддзæгтæ æрхастам, уыдонæй рабæрæг, фыссæг ирон дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты фæрцы кæй бæрæг кæыы, æхсæнады цы хицæн социалон къордтæ уыдис, уыдон, ома царды ныхмæвæрдтæ. Адæмыхаттæн йæ цард æмæ йе ’взаг ахуыр кæнын сæ кæрæдзийæ адих кæнæн нæй. Царды тæккæ къаддæр фæзынд дæр бацагуры йæхицæн ном — дзырд, иннæрдыгæй та — алы дзырд дæр февдисы æмбарынад æмæ адæймаджы йæ фæдыл хоны цардыуаг æмæ æгъдæутты æууæлтæ базонынмæ. Афтæ хъуыды кæнæн дæр ис, æмæ фыссæг ирон ныхæстæй канд аива- дон хæсты охыл нæ пайда кодта. Хъаныхъуаты Инал йæ чысылы бонтæй фæстæмæ бирæ уарзта йæ мадæлон æвзаг. Фыссæг йæ хæсыл нымадта ирон æвзаджы хæзнатæм чиныгкæсджыты æргом раздахын. Зынгæ уырыссаг ахуыргонд В. И. Далы ныхæсты мидис, æвæццæгæн, æцæгæлон нæу нæ фыс- сæгæн дæр: «Пришла пора подорожить народным языком». Хъаныхъуаты Инал нæ уарзта ихсыд æмæ æнапп ныхæстæ. Уый уыдис, ирон культурæйы сæрыл, адæймаджы удварны сæраппонд чи тох кодта, уыдоны рæнхъыты. Уымæн æвдисæн, ирон дзырдтæ æмæ ныхæстæй куыд арæхстджынæй пайда кæны, адæм æмæ цаутыл дзургæйæ, уый. Уыцы хъуыд- даджы йæ къухы бафты йæхи ахаст равдисын. Ирдæй разынынц йе ’нкъа- ’рæнтæ, истæмæн кæнæ искæмæн аргъ кæнгæйæ. Цардарæзты нывтæ æвдис- гæйæ та Иналы ирон æвзаджы æрмæг бахъæуы зыгъуыммæ хъуыддæгтæн карз тæрхон кæнынæн. Уацмысы ахæм бынæттæ æвдисынц хуымæтæг адæ- мы уæззау царды нывтæ. Очеркы бæрæг дарынц, адæймæгты дæсныйад æмæ йæ куысты æууæлтæ чи æвдисы, уыцы дзырдтæм ремаркæтæ: «Уый дын гъе! — загътон æз, нæ фидиуæджы иæргæ хъæлæсæй фехъал уæвгæйæ». Дзырд «фидиуæг»-æн йæ 113
фарсмæ ис йæ тæЛмац дæр — «крикун». Хъæуы мндæг ахæм ахсджйаг куыст чи кæны, уыцы лæджы тыххæй фыссы: «Мæцийæн ис æнахуыр тыхджын хъæлæс. Куыддæр къуыбырмæ схизы æмæ ныхъхъæр кæны, афтæ йæ хъæ- лæс хъæуы иу кæронæй иннæ кæронмæ азæлы». Фæлæ уæддæр, раздæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй уацмысы уæлдай арæхдæр æмбæлынц адæмы материалои æмæ монон цард æвдисæг дзырдтæ: уæздандзинад, кæстæрдзинад, куывд, чындзæхсæв, æфсин, къухылхæцæг, дзæнæт, рæхыс æмæ афтæ дарддæр. Адæмы традицитæ, се ’гъдæуттæ æвдисæг дзырдтæн сæ ахадындзинад уыд тынг ахсджиаг, уымæн æмæ уыдон баст уыдысты Фыдыбæстæйы исто- риимæ. В. В. Виноградов кæддæр Пушкины тыххæй куыд фыста, афтæ Хъа- ныхъуаты Инал дæр стильаразæг дзырдæй рахизы, контекстон мидис цы дзырдтæн сæвзæры, ахæммæ. Хъæздыг сты уацмысы, хæринæгтæ, дарæс, æгъдæуттæ, алыхуызон куы- стыты нæмттæ чи æвдисы, ахæм дзырдтæ дæр. Автор тынг бæстон дзуры чындзæхсæвы, мард ныгæныны æгъдæутты тыххæй. Æмæ хъуыддаг æрмæст уый мидæг нæй. Сæйрагдæр у, уыцы фæзилæнты фæрцы чиныгкæсæг уæл- дай арфдæр æмæ æххæстдæрæй адæмы цард кæй базоны æмæ банкъары, уый. Фыссæгæн дæр æмæ чиныгкæсæгæн дæр ахæм дзырдтæ уæлдай зынаргъ сты: уацмыс æнæ уыцы фиппаинæгтæй нæ фидауид. Ацы ран æрхæссæн ис В. И. Далы ныхæстæ: «...радзырдæн хъæуы бынæттон царды хуызтæ (ахо- рæнтæ) дæттын, æнæмæнг зонын хъæуы адæмæн йæ цард, йæ ахастдзинæдтæ æмæ йæ уавæртæ, цæмæй цæхгæр фæхицæн уой сæ кæрæдзийæ рухс æмæ аууæттæ». Мидис хуыздæр базонын цы кæсджыты фæнда, уыдонæн фыссæг хъуыды- йæдты хæд фарсмæ дæтты тæлмац: «Уый Бибо кæны хист... йæ мад фарон амард... Куыд æй смæгуыр кодтой уыцы хистытæ, бецау... Ацы хистмæ зæ- рæдтæ иыр къуыри цæттæ кæнынц сæхи... Иудадзыг æрбауай-æрбауай код- той Бибойы кæртмæ...» Очерк æфтауы чиныгкæсджыты æрхæндæг хъуыды- тыл, цард кæй ницы у, стæй адæмæн уыцы заман сæ цард уæззау кæй уыдис, уымæй. Уыдон сты царды æцæгдзинад æвдисæг æрфыстытæ, æцæг æнæ цæс- сыгтæй, æнæ аххытæ æмæ оххытæй, æнæ уæлæнгай иумæйаг ныхæстæй. Фыс- сæг йæхи равдыста курдиатджын литераторæй, уырыссаг æмæ ирон æвза- т.жы дæсныйæ, адæмы ахуыргонддæр, фендджындæр демократон минæварæй. Уæлдай æввахсдæр фыссæджы зæрдæмæ уыдис адæмон æвзагæн йæ лекси- кæ. Ууыл дзурæг у конкретон предметтæ æвдисæг дзырдты æмæ хуымæтæг ныхасы лексикæйы бæрц. Адæмон ныхасы дзырдты фæрцы, стæй ирон нæмт- тæй пайда кæнгæйæ фыссæджы къухы бафтыди бынæттон колорит ирдæй равдисын. Ирон дзырдтæй фыссæг дæсныйæ кæй пайда кæны, уый фæрцы тексты иæ зынынц æцæгæлон фæзындты хуызæн. Уый нæ, фæлæ ма уыдон æххуыс сты уацмысы аивадон арæзтæн, сæ фæрцы хуызджындæр кæнынц Мосейы, Данелы, Мæцийы æмæ инпæты фæлгонцтæ. Хъаныхъуаты Инал йæ размæ æрæвæрдта, цаутæ æмæ уавæртæ, куыд- дæриддæр уыдысты, афтæмæй равдисыны хæс. Очеркы лæвæрд цæуы хъæуы иом, архайдæн йæ рæстæг, ома аз, мæй, бон, хъæуæн йæ мæгуыр хуыз æмæ 114
а. д. Фыссæг, куыд æмбаргæ политик, афтæ хъæуы цард æвдисы бæстоп, уыимæ йæхи æцæгæлонæй не ’вдисы, фæлæ æцæг архайæгæй. Фыссæджы фæнды æппæт дæр арф бамбарын æмæ банкъарын, уымæ гæсгæ чиныгкæ- сæгмæ афтæ кæсы, цыма автор дæр хъæуы цæрджытæй у. Ныхас цæуыл- дæриддæр цæуы, уымæн ирон дзырдты æмæ дзырдбæстыты руаджы дæтты æхсæнадон æмæ политикон ахаст. Лæмбынæг цæстæнгас æмæ къæрцхъус- дзинад æххуыс кæнынц бирæ цаутæй тæккæ ирддæртæ, ома, ирон цардарæзт æмæ культурæ чи æвдисы, ахæмтæ бафиппайынæн. Фыссæг цы дзырдтæй пайда кæны, уыдон ма хайджын сты иу мини- уæгæй — баст сты адæмон сфæлдыстадимæ, адæмы фæлтæрддзинадимæ. Зæ- гъæм, очеркы ис Нарты кадджыты хъайтарты кой, ис дзы эпосы мотивтæ æмæ таурæгътæ. Автор фыссы, зæгъгæ, дыууæтæнои хъисын фæндыры цагъд- мæ «искæцы зæронд лæг дзуры таурæгъ Хæмыцы фырт Батрадзы тыххæй; уый, зæгъы, самадта хъазуатон тох арвимæ æмæ æппынфæстаг фæмард йæхи æмбисонды æхсаргардæй». Зæронд Мосе æрхаста æмбисонд зæронд лæг æмæ йæ фырты тыххæй. Иæ мидис у арф æмæ æнæмæлгæ: кæд дæ фæнды, цæмæй дæ зæронды бонтæ æнцад-æнцойæ, амондджынæй æрвитай, уæд аргъ кæн хистæртæн, ауд сыл, д» зæрдæмæ хæсс се ’нкъарæнтæ: ный- йарджыты сæр хъуыды кæнын æмæ сæ уарзын у алы адæймаджы хæс дæр. Къаддæр цымыдисаг не сты, фыссæг залиаг калмы æмæ иуцæстон уæйыджы тыххæй таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ кæм дзуры, уыцы бынæттæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, нудæсæм æнусы дыккаг æмбисы ирæтты царды нывтæ бынтон æххæст нæ уыдаиккой, фыссæг бæлвырдæй, адæмы царды къона æмæ рæхыс цы стыр бынат ахстой, уый куынæ равдыстаид, уæд. Автор тексты æмбарын кæны, къопайы рæхысæн адæм цы кад кодтой, уый. Уыцы фольклорон æмбарынадтæн уацмысы ис эстетикон ахадындзинад æмæ йын дæттынц национ хуыз. Уацмысы сæрмагонд бынат ахсынц арфæтæ, æлгъыстытæ, куыдтытæ. Уыдон иууылдæр æвдисынц адæймаджы алыхуызон æнкъарæнтæ: фæсмон æмæ хъыг, æртхъирæи æмæ хъазæн ныхас, маст æмæ дис. Уыдонæн уырыс- саг æвзаджы нæй æмнысанон ивæнтæ, февдисынц тыхджын æнкъарæнтæ, æмæ сæ фыссæг кæнæ комкоммæ ратæлмац кæны, кæнæ сæ фæзæгъы æндæр фæрæзтæй: «Хуыцауы хорзæх дæ уæд» (Ну, да милость божья снизойдет на тебя); «Хуыцауы ард дыл фæцæуа» (Ах, чтобы тебя бог покарал.); «Хъыг ма кæнут!» (Не печальтесь!), «О, мæ бон!» (О, мой день); «Дзæнæты ба- дæд!» (Да будет он в раю); «Хуыцау, дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! Ахъаз нын бакæн!» (Госцоди, на тебя уповаем! Помилуй нас!), «Паддзахы хорзæх ыс- сарæд!» (Чтобы на него обратилась милость паддзаха). Ирон дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæн сæ бæрц бирæ у, уыимæ уыдон æмбæлынц авторæн йæхи ныхасы дæр æмæ персонажты ныхасы дæр. Хат- гай автор бынтондæр рахизы ирон æвзагмæ. Фæлæ, уæлдæр куыд бафип- пайдтам, афтæмæй уыцы мадзалы фæрцы хуыздæр æвдыст цæуынц, нудæ- сæм æнусы дыккаг æмбисы ирæттæ цы уавæрты цардысты, сæ культурæйы æууæлтæ цавæр уыдысты, æппæт уыдæттæ. Хъаныхъуаты Инал тынг арæхст- 115
джыиæй фсвзæрста ирон дзургæ ныхасæп цыргъзонд ныхæстæ. Раст афтæ дæсныйæ архайдга йæ уацмыстæн ног темæтæ, ног персонажтæ агурыныл дæр. ’Адæмимæ йæхи æнгомæй баста. Уый хуымæтæджы пæ уыди — фыссæг æмбæрста, «мадæлон æвзаджы сæйраг ахуыргæиæг адæм кæй сты». Очеркы ис амындтытæ æндæр тексттæм дæр, зæгъæм, адæмоп зарджы- тæм: «0, Мады Майрæм», «Уæлæ халон фæтæхы». (Автор сæ кæны тæлмац). Ацы æрмæджыты мидис фыссæг арæхстджынæй бæтты уацмысты иннæ хæйт- ты мидисимæ, уыцы сюжеттæ æвзæрын кæнынц адæймагмæ алыхуызон æн- къарæнтæ æмæ хъуыдытæ ирон адæмы ивгъуыд историйы тыххæй. Историон мысинæгтæ цыма уацмысы фæлгæттæ уæрæхдæр фæкæнынц, йæ мидис та вазыгджындæр, афтæ фæкæсы чиныгкæсæгмæ. Инал, йæ дуг рагон дугтимæ бæтгæйæ, ноджы тыхджындæрæй равдыста йæ рæстæджы политикон уавæртæ. Фыссæг цы ирон дзырдтæй пайда кæны, уыдонæн хыгъд цæуы сæ мид- формæ, фыссæг сын æмбарын кæны сæ мидис. Зæгъæм: «Уыцы сылгоймæг- тæй алкæмæн дæр йæ роныл ауыгъд уыдис урс кæлмæрзæн» (цæсты кæл- мæрзæн — глазной платок (для утирания глаз во время оплакивания мерт- вого). «Къухылхæцæг (держащий за руку) чындзы фæкæны хæдзармæ, йæ къухыл ын хæцгæйæ»; «Уыцы бон изæрæй хъуамæ уыдаид чындзæхсæв» (ночь невестина); «Æвæццæгæн сын æй фехъусын кодта хъæргæнæг (вест- ник, на хорошей лошади, чтобы он известил родных и знакомых) æмæ а. д. Æппæт ранымад æвзаджы хицæндзинæдтæ дæр дзурæг сты фыссæгæн йæ уды цæхæрыл, йе ’нæкæрон тырнындзинадыл арф æмæ вазыгджын хъуыды- тæ бæлвырд æмæ ирдæй равдисынмæ. Куыд зонæм, афтæмæй аивадон уацмысы дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ хъуамæ уой аив æмæ сæ цæуа раст пайдагонд. Алы дзырд дæр хъуамæ уа йæ бынаты, стæй бæрц зонын хъæуы бынæттон дзырдтæн дæр. Уыдонæн раст куы фæпайда кæнынц, уæд æвзаджы сыгъдæгдзинад нæ хæлы. Бынæт- тон дзырдтæ аивадон ныхас кæнынц сæрибардæр, хуымæтæгдæр, дæттынц ын æрдзон хуыз. Сæйраг дзурæгæн уацмысы йæ фæлгонд æдзухдæр алы- вæрсыгæй æмæ æххæстæй нæ раргом вæййы. Нæ авторы ныхасы фæрцы та очеркы архайджытæ чиныгкæсæгæн свæййынц йæ рагон зонгæтæ æмæ хи- цæттæ. Фыссæг йæ архайджыты хоны сæ нæмттæй, (ома уырыссагау ном æмæ фыды номæй куыд фæдзурынц, афтæ нæ, фæлæ). Уый уæлдай æввахс- дæр кæны чиныгкæсджыты уацмысы архайджытæм, адæймагмæ афтæ фæ- кæсы, цыма сын сæ хабæрттæй бирæ цыдæртæ зоны, чысыл цыдæртæ ма йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, æндæр. Диалогты цы ирон дзырд- тæ æмбæлынц, уыдон æвдисынц архайджыты хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, арæх сын вæййы дзургæ æмæ хуымæтæг ныхасы ахаст, вæййынц фæлгонц- джын. Автор, куыд нæм кæсы, афтæмæй фæхъæздыгдæр кодта йе ’мархай- джыты ныхас йæхи дзырдтæй, йæхи интонацитæй, се ’взаджы хъæд сын бав- вахс кодта адæмон ныхасмæ. Фыссæг йæ персонажты ныв кæнгæйæ стыр æргом здахы се ’взаджы хъæдмæ, æмæ уыцы хъуыддаг чиныгкæсæгæн зын бафиппайæи нæу. Куыд ис нæ банкъарæн хъæуы цæрджыты ныхасы хъыг 116
æмæ маст «суды бадыны бон», ивары æхца æмбырд кæныны бои, сæ фос байсынæй сæм æртхъирæн куы бакодтой, уæд. Ацы ран дæр ирон æрмæгæн ис егъау эмоцион ахаст, йæ фæрцы æнцондæрæй бамбарæн ис архайджыты психологои уавæрæн. Фыссæг цаутæ æмæ фæзындтæ архапджыты цæстæй кæсгæйæ кæй æвдисы, уый фæрцы персонажтæн сæ мидуавæр уацмысы ра- зыны бæлвырд æмæ парахатæй. Афтæмæй скæнæн ис бæлвырд хатдзæгтæ. Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстад уымæй цымыдисаг у, æмæ фыссæг, ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмхуызон хорз зонгæйæ, йæ адæмы æмæ йæ мадæлон æвзаг тынг уарзгæйæ, йæ царды уавæртæм гæсгæ йæ уацмыстæ фыста уырыссагау. Фæлæ фыссæг йæ очеркы парахатæй спайда кодта бирæ ирон дзырдтæй æмæ хъуыдыйæдтæй, уыдон тынг хорз сфидыдтой уырыссаг тексты, бахастой йæм адæймаджы зæрдæйы хъарм. Æвзаджы уыцы фæ- рæзтæ сты æппæтадæмон, сæ иутæ — дзургæ ныхасæй æмæ хуымæтæг ны- хасæй, иннæтæй пайда кæнынц æппæт ныхасы хуызты дæр. Ирон æвзаджы фæрæзтæ уацмысы хъæуынц, уырыссагау комкоммæ зæгъæн кæмæн нæй, ахæм предметтæ æмæ фæзындтæ бæрæг кæнынæн. Уыдон сты: 1) æгъдæуттæ æмæ традицитæ; 2) цæрæнбынæттæ, арæзтæдтæ, хæдзары дзаумæттæ; 3) цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ; 4) адæймæгты нæмттæ, сæ дæсныйад; 5) хуымæтæг æмæ дзургæ ныхасы хайыгтæ, æвастхъæртæ, мив- дисджытæ; 6) алыхуызон хæринæгтæ. 7) адæмон сфæлдыстады æмбарынадтæ, ирон фразеологи. Адонæн сæ иутæй автор пайда кæны йæхи ныхасы, иннæтæ та сты архайджыты ныхасы æмæ сып æвдисынц сæ мипиуджытæ. Ирон æрмæгæн очеркы йæ хæстæ сты ахсджиаг. Инал дзы спайда кодта æнæ дызæрдыг- гæнгæйæ, уымæн æмæ зыдта, «ис хи æвзаг, æгъдæуттæ, истори, зарджытæ æ. а. д.» (А. С. Пушкин). Ирон æрмæджы фæрцы фыссæг равдыста йæ дуджы царды иывтæ, бы- нæттон колорит, бæстон ныффыста цардыуаг æмæ культурæйы бирæ хъуыд- дæгты тыххæй. Ииалы сфæлдыстадмæ æхххстæй хауынц В. Виноградовы ныхæстæ: «Литературæйы национ хуыз разыны аивадон уацмысы фæлгонцджын æмæ æнкъарæнджын иуæгты фæрцы. Уацмыстæ нациои миниуджытæм æмæ аив ныхасмæ цас æввахсдæр вæййынц, уыйбæрц сты тыхджындæр æмæ цæрæц- цагдæр». Гъе уымæн сси Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстад ироп литерату- рæйы хæрзаив æмæ æнæмæлгæ хай. 117
- ДЗУСТЫ СВЕТЛАНÆ, ЕЛОЙТЫ ЮРИЙ ХÆДЗАРИУÆГ КÆНЫНЫ ХУЫЗТÆ ÆМÆ СÆ ФÆЛТÆРДДЗИНАД Ныртæккæ нæ республикæйы парахатæй хæлд цæуынц колхозтæ æмæ совхозтæ, сæ бынæтты та арæзтæуы акцио- нерон цæдистæ, фермерон иугæндтæ, коллективон куыстуæт- тæ. Сæ нысан у æцæг коллективон-кооперативон хиисбонад. Ныры онг уал Цæгат Ирыстоны фехæлдтой дæс æмæ ссæдз хæдзарады бæрц, уыдонæй цыппæрдæсы бынаты фæзынди зæххыкуыстгæнæг фермерон кооперативтæ, дыууадæс та дзы хъуамæ суой акционерон куыстуæттæ. Дыууæ хæдзарадæй арæзт æрцæудзæн ног хуызы коллективон куыстуæттæ. Фæлæ нырма уыцы хæдзарадон ног хуызтæй иу дæр, куыд фæзæгъынц, йæ гаччы нæма сбадти. Ног куыстуæттæ кæй сты, уымæ гæсгæ сын бæстон сахуыр кæнын хъæуы сæ хъуыд- дæгтæ. Уый вазыгджын фарст у. Куыд хъуыды кæнынц уый тыххæй, йæхæдæг уыцы куысты лæуд чи у, уыдон? Уый сбæлвырд кæныны тыххæй мах сарæзтам социалогон раир- тæст. Кæй бафарстам, уыдон уыдысты 600 адæймаджы, уы- дноæй 210 — разамонæг кусджытæ æмæ хъæууон хæдзара- ды специалисттæ. Фарст чи цыди, уыдон уыдысты 6 колхо- зы, 4 совхозы, 7 иугонды æмæ 8 акционерон куыстуаты. Фарст чи ’рцыд, уыдонæн сæ 25% фæнды колхозтæ æмæ совхозты кусын, сæ 35% та акционерон æхсæнадты, сæ 40% — цæдисон иугæндты. Сæ 10% алкæй дæр фæнды хибарæй кусын. Ноджы рабæрæг иу хъуыддаг: хицæнæй кусын кæй фæнды, уыдоны ’хсæн æрыгæттæ (35 азы онг) сты къаддæр. Цымæ адæмæн сæ фылдæр хайы коллективон куыстуæтты кусын цæмæн фæнды? Уымæн, махмæ гæсгæ, ис цалдæр æф- соны. Фыццаджыдæр уый, æмæ нæ республикæйы цæры бирæ адæм, цас æбæлы, уымæй бирæ фылдæр, уымæ гæсгæ зæхх хицæн хæйттыл дихгæнæн нал и. Дыккаджы та, лæг йæ хай кæдæм бахæсса, уыдоны коллективон хæдзарæдтæн ныггаф- футт уæвынæй тас нæу, стæй алкæмæн дæр лæвæрд цæуы алыхуызон социалон фæхæцæнтæ. Æртыккаг та уый, æмæ, аграрон политикæ кæй хонæм, уый иудадзыг лæгъз фæнда- гыл нæ цæуы. Уый аххосæй гуырысхотæ сæвзæры зæхкусæ- джы зæрдæйы. Ноджы ма иу хъуыддаг: нæ экономикон аха- стытæ æгæр идеологйзацигонд уыдысты, нæ хицæуттæ алы 118
лыстæг хъуыддагæн дæр уынаффæгæнæг уыдысты. Уый ах- хосæй дзыллæтæ сахуыр сты цæттæ уынаффæтæм хъусын, сæхимæ ницыуал хæс исынц. Диссаг у, фæлæ кæй бафарстам, уыцы кусджытæн сæ 46% кусын фæнды, сæ куыстыхъæд сын иудадзыг чи сгара, рабар-бабар кæна, ахæм разамонджы- тимæ. Раиртæст куыд равдыста, афтæмæй хъæууон хæдзарады кусджытæн сæ ахъаззаг хай цæттæ нæу ног хуызты кусын- мæ. Уыцы хъуыддаджы аххостæ, махмæ гæсгæ, сты: 1. адæм хаццон æмæ нардуаты куыстыты мидис кæй не ’мбарынц, уый; 2. адæм ног уавæрты кусынмæ социалон æгъдауæй цæт- тæ кæй не сты, уый; 3. адæммæ разæй цы ’нхъæлмæ кæсы, уый кæй не ’мбарынц, уый. Ноджы ма иу хабар: хъæууон хæдзарады куыстуæттæ барадон æгъдауæй хъахъæд нæ цæуынц. Ацы хъуыддаджы тыххæй фарст чи ’рцыд, уыдонæн сæ 60% загътой, куысту- æтты ’хсæн фæллойадон бадзырдтæ хæлд цæуынц, зæгъгæ, стæй, дам, хæрдзтæ чи скæны, уыцы куыстуатæн сæ аххос- джын нæ бафиды. Уыдæттæ стыр къуылымпыйы хос сты ног куыстуæтты рæзтæн. Æмтгæй райсгæйæ, кæй бафарстам, уыдонæн сæ 70% ра- зы сты, ног уавæрты хуыздæр кæй у кусын, ууыл. Цыбырæй нæ бон зæгъын у: 1. Хъæууон хæдзарады куыстады ног хуызтæ нæ республи- кæйы сты рæзты фæндагыл. 2. Ног хæдзарадон хуызты рæзт лæгъз фæндагыл нæ цæуы, ис ын бирæ цæлхдуртæ. 3. Ног хæдзарады хуызтæн социалон-экономикон æгъдауæй аргъ кæнгæйæ зæрдыл дарын хъæуы, сæ рæзты фæндагыл цалдæр къæпхæны кæй ис, уый. 4. Уыцы ног хуызты æнтыстытæ зынгæ кæй не сты, уыцы хъуыддаджы аххосджын у, социалон фидар бындур сын кæй нæй, барадон æгъдауæй хъахъæд кæй нæ цæуынц, се ’хсæн лæмæгъ экономикон ахастытæ кæй ис, уый æмæ а. д. 5. Хæдзарады ног хуызтæ æрфидар кæнынæн ис стыр ны- саниуæг, сæ пайда уыдзæн дзæвгар фылдæр, уымæ гæсгæ сæм хъус æрдарын хъæуы биноныгæй. 119
ХУДЫНДЗÆГ ДЖЕХ ÆМÆ ДЗÆГЪГЪО Фысджытæ худынц АНАЛИЗÆН ХЪÆУЫ, АНАЛИЗÆН!.. Уæд Дзæуджыхъæуы нæма царди Ситохаты Саламджерн, æмæ йæ фыс- сæгæй дæр бирæтæ нæма зыдтой. (Нæма йæ зыдта Баситы Мысост дæр). Нартыхъæуæй уæймæ сласта стуры дзидзатæ. Фæлæ раздæр хъуыди фосы дохтырæй гæххæтт райсын. Пункты хицауæй куыста поэт Баситы Мысост. Бавдæлд æмæ фæстаг къабазæн йæ фæлмæнæй дзæбæх хай æрлыг кодта æмæ йæ урс хæцъилæй æрæмбæрзта. Лæппуйæн æхсызгон нæ уыд. — Цæмæн дзы ралыг кодтай уыйас? Лыстæг, хъуызгæ хъæлæсæй Мысост дзуаип радта: — Анализæн хъæуы, аналнзæн!.. ÆРЫГОН ФЫСДЖЫТÆ КÆМ СТЫ? Иу æмбырды, литературон фæсивæдыл дзургæйæ, Дæбе загъта: — Æз мæ фæстæ нæ уынын æрыгон фысджытæ. Грис: — Уыдон дæ разæй фесты, æмæ сæ уый тыххæй нæ уыныс дæ фæстæ. ÆРТÆ ПОЭТЫ ÆМÆ ИУ ЛÆГ (Додтылбеджы цыргъ ныхас) Цæрукъаты цыппар æфсымæрæй (Алыксандр, Барис, Валодя, Таймураз) æртæ фысджытæ сты. Валодя арæх фæмæстæймары сæ хæрæфырт Бутаты Тотырбеджы, зæгъгæ, не стыр къабаз уæвгæйæ, ды мах уæй кæныс не знæг- тæн, æмæ ма уымæй æгаддæр цы уа лæгæн? Иуахæмы та Дзæуджыхъæуы стыр уынджы рамбæлдысты Тотырбегыл. Валодя баздæхт сæ хæрæфыртмæ: — Цæй, Додтылбе, стыр карьерæ нæма скодтай махыл галиумæ зилы- нæй? Уый бакæстытæ кодта Алыксаидрмæ, Таймуразмæ, æмæ йæ сæрыл куы ницы дзырдтой, уæд афтæ: — Цæрукъаты хæдзары ис æртæ поэты æмæ иу лæг. 120