Теги: журнал   мах дуг  

ISBN: 02064162

Год: 1993

Текст
                    1
1'93
Сæйраг редактор
ХЪОДЗЛТЫ Æхсар
Редколлеги:
АГЪНАТЫ Гæстæн (бæрнои
секретарь)
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давнд
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
НАША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Коррегпор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. редактор Кокойты Эльзæ.
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУ ДЖЫХЪÆУ * 1993


НОМЫРЫ ИС: Дзуццаты Хадзы-Мурат. Дзыццайы мæлæт. Æмдзæвгæтæ 5 Дзасохты Музафер. Мысыры сыджыт. Повесть. , 11 Тыджыты Юрий. Мæ уды рис. Æмдзæвтæтæ.., , ,64 Дзуццаты Эльбрус. Ног Ир. Æмдзæвгæ. . . 66 Темыраты Давид. Зауыр æмæ Заубатыр. Дыууæархайдон авднывон драмæ. . « , г . 68 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Афæхъо. Цас æмæ куыд фидæм хъалон. , . *’^ Леонтий Стедер. Бонычииыг. . . , 1Ю ПУБЛИЦИСТИКÆ Плиты Ислам. Хицæн адæймæгты исбон æмæ фæллой- адон коллективтæ 126 ХУДЫНДЗÆГ Цæрукъаты Таймураз. Сатирикон æмдзæвгæтæ. . ^27 Сдано в набор 7.11.92. Подписано к печати 29.04.93. Формат бумаги 60х901/16. Бум. тип. № 3. Гарн. шрифта, журнальная руб- леная, Печать высокая. Усл. п, л. 7,5. Усл. кр.-отт. 7,87# Учетно-изд. листов 8,79. Ти- раж 5000 экз. Заказ № 784 Цена 2 руб. Адрес редакции: 362400, г. Владнкавказ,, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62:. 3 31-58; 3-31-24. Книжная типография им. В. Гассиева. Гос* комиздата СОССР по делам издательвт*», полиграфни и книжной торговли, 362011, г. Владлкавказ, ул. Тедьмана, 16. © Мах дуг № 1, 1993
ДЗУЦЦЛТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ Дзыццайы мæлæт 1 Амард мæ мад, зæрондæй, фæлæ уæддæр æгæр раджы, Мæлдзæн — зыдтон æй, фæлæ афтæ тагьд — кæм зыдтон. Æнæхъуаджы нæ фæдæн æрвдзæфау, æмæ æнæхъуаджы Нæ нынкъуыст мæ цард — мæ дзæнæт, мæ зындон. Уымæн—зындонмæ нæ,— йæ уд кæмæн уыд зæриндæр, Уымæн — дзæнæтмæ, фынгтæ, фынтæ æмæ дзырдты хæрзтæм. Æз, цыма суæгъд дæн, ссæрибар, фæлæ уæуу уыцы сæрибар! — Цалынмæ царди,— фæндаг мын нæ уыд мæрдты бæстæм. Хатт-иу низтæй снарæг мæ рыст уд, мæлæт-иу æвнæлдта мæ риумæ, Фæлæ йæ тардтон дард, мæхицæй-иу скодтон цардæн кувæндон. Хатт-иу мæхæдæг дæр адæ^гæй рахъавыдтæн мæхимæ — Нæмыгæй, бæндсснæй, фæлæ-иу мæхи ныуурæдтон. Тарстæн, мæ фæстæ: «Кæмæн мæ иыууагътай дæ фæстæ! Чи ма мæ бавæрдзæн!!»—4 еу-додой, хъарæг куы кодтаид, Уæд йæ дудгæ тæригъæдæй фехæлдаиккой мæ фæрстæ, 3
Мæ зæрдæ мын сау катай сау сынтау хордтаид. Тарстæн, мæ фæстæ — / цы ма уа æгаддæр! — сыгъдуырыд, зæрдæтыхст, Æххуысгур цæугæйæ, куы ничи йын загътаид «гасцуай»... Тарстæн, мыййаг, ыл куы ’рцыдаид фыдусы фыдæлгъыст: «Дæ хъæбулты баныгæн, сæ быныл сын баззай!..» Тарстæн, мæ фæстæ куы нал уыдтаид— дардмæ уаг хæстæгмæ, Цахæм æрвыстаид сæурайсомтæ кæнæ изæртæ,— Мыййаг æм мæ зæрдæ куы ’хсайдтаид,— знагæн-иу æхсайæд фæстæмæ, Æниу кæцæйфæнды дæр æнæхсайгæ кæд вæййы зæрдæ! Амард мæ мад. Дымгæ йын æнкъуыста йæ табæтæмбæрзæн зæлдаг, Хур æй фæззыгон хъарм, фæлмæн хуыэтæй фæлындзыдта. Амард — æмæ мын мæрдты бæстæм байгом кодта фæндаг, Фæлæ ма кæмæ бадзурдзынæн: «Оу, мæлынг дзыццаП» 2. Хъæуы кæнæ сахары — куы-иу федтам кæрæдзи — уал æмæ уал азы — Бустæ-иу мын кодтай, уайдзæфтæ, цыма-иу дзырдтай дæхиимæ. Лкæс-ма, дам, алчи дæр, дам, алы амалæй архайы, аразы, Ды, дам, куыд ницæмæ арæхсыс — нæ сайынмæ, нæ хинмимæ.... Акæс-ма, дам, ис сын алцы дæр — хæдзар уа, дыргъдон, зæгъай, Ды та, дам,— кус, фысс, цъæл кæн дæ сæр, фæлæ цæй сæраппонд! Адæм, дам,— хъæлдзæг, цинæфсæст, дæуæн та, дам,— фыдбон дæ хай, Уæд та дæ рæстмæ ус... Цæуылнæ дæ фæци хуыздæр амонд! Акæс-ма, дам, цас сын æнтысы, цытæ, сæ хистæрæн уа, сæ кæстæрæн, Æхсæв уа , бон уа — удадзыг тона, Æмæ фæстагмæ-иу
бындар фæуой, сау бындар... байдыдтай хъарæгау: . цæмæн мын фæдæ æнæсæрæн, Адæмæй уæлдай, дам, гомæй цæмæн федтон арвы дуарП Ог се ’мбал нæ уыдтæн алчнтæн, алцытæн, Диссаг, зæгъын, ныр æцæг куы сбирæгъ, куы сзыд уаин!.. Куы-иу мæм худæг каст, куы та-иу сагъæсты ацыдтæн, Æвæццæгæн, раст дзырдтай, фæлæ уæлдай цы суыдаин!. /Ез мæ цардæй цы хъас^ кæнон, цы нымайон мæ хъыгтæ, мæ мæстытæ, Æрмæст мæ æргæвды, мары — ды кæй амардтæ, кæй байсæфтæ, Æмæ кæй нылхъывтай дæ былтæ, кæй ныхггедтай дæ цæстытæ Æмæ мын кæй нал кæныс алкæдау бустæ, уайдзæфтæ. Æз алчитау дуне не ’рхуыдтон, тас нæу сæттынæй нæ къæсæрæн, Нæ дын самзйдзынæк дидинтæй, митингтæй кады æвæлм обау. Æрмæст — алкæдау, иухатт А^а ракæс — мæнæ æнсзсæрæн, æнæсæрæн — Бадыи дæ уæлхьус æмæ кæуын æнахъом сывæллонау. 3. Бадтæн йæ фарсмæ, мæ къух ын йæ нывæрзæн дардтон, Кодта йæ улæфт мынæгæй-мынæгдæо, къаддæрæй-къаддæр, Хъуыстон æм, цыма мæхи улæфтмæ, æмæ æнкъардтон — Цыдис мæ фæззыгон хурау дарддæрæй-дарддæр Æмæ цахæмдæр уысм йæ улæфт банцад, æмæ амард,— Быктон мæ фæззыгон хурау, бынтондæр мæ адард. О, уыцы уысм куы нæ уыдаид, удæгасæй куы баззадаид, О, куыд мæ фæндыд — хастаид рынчын, уатон, Йæ дзыхмæ йьлн куы хастаин дон, æви йæ уатæй растадаид,— Йæ дæларм куы цыдаин, цæттæ йæм куы дардтаин бандон. 5
Лæггад ын кодтаим ~ , ’ уый мыл æхцон уæнгрог æфтыдта, Зылдаин æм — уый мын суыдаид мæ куыс^г мæ хъуыддаг, Йæхæдæг алкæй дæр рæвдыдта, йæхи йык ничи рæвдыдта, Стæй, мæнмæ гæсгæ, алчи дæр у рæсдыдхъуаг. Хур мæ куы адард,— мæ сæрмæ, цыма байгомау, фæуæгъдау — Уазал мæ цъæх кæиы, хуыгдзыд, мит та — урс, зæронд æнæвгъау. Нырмæ кæй урæдтон, уыцы низ мыл дьгвæр тыхæй скнудта, Мæ фæндтæг мæ ныфсыты бардз мæчæй кæдæмдæр афсад... Фаззыгон хур раздæхдзæи, мæнæй чи адард, уый та! Ау, нæ раздæхдзæн! Æмæ, дам, цæр сгнæ, дам, цæрыкæй бафсæд. 4. Дæ мæлæты размæ мын дзырдтай дэе хъаст — Дæхинымæр катай, дæхинымæр маст: Зæрæдтæн, ацæргæтæн, дам, сæкад сæ цард, Бецау, дам, мæгуь^рæг, сæгад сæ мард — Чи ма йыл кæны хъынцъым, кæугæ, Ингæи ын акъах — æмæ хæсгæ, цæугæ, О, афтæ у, дзыцца, фæлæ афтæ дæр нæу. Мах цæрæм, не ’ппæт дæр цæрæм, фæлæ уæуу, Узлцы цард,— нæ иртасæм нæ адæм æмæ нæхи мæтæй, тасæй — Уыдзьзстæм ма æви нал баззайдзыстæм цæргæйæ, æгасæй! Æмæ кæнæм нуархæлд, зæрдæхæлд, æмæ мæлæм æнафоны, æвæндонæй, Мæлæм зæрондæй, ацæргæйæ, æрыгонæй, сывæллонæй, Мæлаам гуырдзыйч гуырдзь’скъуын, быныскъуьж фыдæхæй,— фыдхъаймæттаг, Махæй алчи да*о уымæк йæ амæттаг. Фæлæ нæ иутæ — лæгæй-лæгмæ чи лæууы знаджы ныхмæ хæцæнгарзæй,—
Цæй, уыдоныл дзурæм æнæсæртæг, æнæизгард, æнæкарзæй. Кæмæн дзь: ахуыссы æвзонг, цæринаг стъалыйау ’ йæ зынг,— Айсыг ахæссы æкæкæрон хъыгг а зæххæн уæзгæнæг цæссыг, Хъуамæ сын кæнæм иууыл стырдæр кад уартæ нæ равзæрдæм ардæм, Кæннод нæ уыдзыстæм, не суыдзыстæм адæм. Уыдон куы нæ уыданикой,— дæуæн Ам, ацы ран, нæ уыдаид ингæн, Стæй уæлмæрдтæ мууылдæр бульдозертæй лæгъз, æмвæз уыдамккой афонмæ, Ам, дам, иронæн йæ кой дæр никуы уыд незаманæй абонмæ. Куыдтой дыл устытæ, фæлæ сæм ды ке змæльздтæ, нæ тæлфыдтæ: Ды, дам, амондджын дэе, чи, дам, нал уындзæн айæппæт фыдтæ, Айæппæт дудгæбæттæй чи нал дуддзæн, Айæппæт судзгæ мæрдтæй ц\* нал судздзæн. Ды, дэм, амонддкши дæ. де ’нусон бынатмæ, дам, бафтыдтæ, Сксдтой р>ын мæрддзæгга-г. , æрæвæрдтой аккаг фынгтæ, Мах, дам, чи зоны, нæ сыджытыл дæр нæ сæмбæлæм, Мах, дам, чи зоны, кæм ныххауæм, кæм ныммæлæм. Уым, дам, ма радзур адæттæ, ксэннод, дэм, ныххойдзысты сæ сау кьæйтæ. сæ сау дуæрттæ Нырриздзæн, нынкъуысдзæн зæхх æмæ дзы змæстæй стондзысты цæугæдæттæ, суадæттæ, Скъуыдтæ кæн,г<2æн, лæбырæнтæ, фосæй, цæрæгойæ, адæмæй — 4 æм^мбу ныккæндзысты, Æнæкалд ма нæм цы баззад, уыдон дæр ныккæлдзысты. Зæххæнкъуыст — мæодты б^нт: цæмæн у уæлион цард сæлхæруат, зинуат, Цæуылнæ дзы ис хæрззæндом. Ф:<даУ1», хæрзархайд, рæстдзинад!! Куыдтой дыл — Удæгасæй. мардæй мæ уыдтæ æнад, Куыдтой дыл — удæгæстæн, мæрдтæн нæ уыдтæ æгад. Æмæ куыдтон, 7
куыдтон æмæ куыдтон, куы цыдтæ, куы кодтай хицæн,— Æмæ кæуын, æмæ зонын, фылдæр дæм æмбæлы дæумæ,— Куыд тæритъæд дæг дзыцца! — ^^ цгессыг л\а баззад дæхимæ, уый дæр схай кæн дæхицæн, Æпи йæ æоæрыс мæнæн, куы амæлон, уæдмæ! 5. Дзыццайæн уæлмæрдты æвдæмбон кодтам. Уæлмæрдтæ -^ хъæуы сæрмæ, уæлвонг ран, æрдæгкалд мæсгуыты цур. Цыма дзы уьгдон, мæсгуытæ, сты мæрдтæн цыртытæ. Нæ худтæ куыд систам, ггуывзæтæ рухс зæгьынмæ нæ къухтæм куыд райстам, афтæ — æваст — æввахсдæр мæсыгæн йæ рæбынæй стйхтысты хъазтæ. Алырдæмты сæхи асхуыстой, сæ хъæрæй комбæстæ сæ сæрыл систой. Хъазтæ сае тахтæй, сæ цъæхахстæй уæлдæф алырдæмыты айгæрстой, Сæ базыртæ фæйкæрдæм айвæзтой, сæ сæртæ размæ аппæрстой. Джихæй, æндзыгæй сæм баззадысты нæ къухтæ аэд агуывзæтæ, æд худтæ,— Рухс ма кæмæн кæнæм,— стахтысты хъазтæ — мæрдтæн сæ удтæ. Цæмæн .тæхут! Цæмæн кæнут фæ^кс, фæдис — фæдисы хъæр, Ньшкьуысдзыкæ бындзарæй, уæлдайдæр куы уай нкцы ’нхъæл. Æниу куыд нкцы ’нхьæл — алцæй, æнхъæл дæр, ницыуал нæм ис диссагæй, Сахуыр стæм ал^æуыл дæр, æмхуызон риссæм нæ риссагæй. Сымах дæр тæрынц уæ бынатæй, хапинц уын уæ фæлгонц, уæ сурæт, Æмæ фæзындыстут махмæ лæгъстæмæ — ма нæ фæсурæнт, Кæннод баззййдзистут дзæгъ^л, хъысмæт уын басгуыхдзæн фыдмæнгард, Æмæ, боцау, кæкдзыстут дыккаг мард, æцæг мард. Ардæм уæм æрцæудзæн хъæддаг лæг, хъуынджын лæг Æмæ уæ фæкæкдзæг^ йæ уды фгсндиаг хынджылæг, Уе стджытæ уын басудздзæн, бамбæхсдзæн уын уæ уæлион лæвæрттæ, Æмæ зæгъдзæн, ам, дам, бынтондæр нæ уыд уæлмæрдтæ! Цæмæн тæхут! Æви æмуызон хъусæм — «уазджытæ», «æрцæуæггæгтæ»—
иу фйдис, Æви мæрдты дунейы дæр кæй бафæрсат, ахæм дзы ннчи ис. Зæгъæд^ма, чи уыдысты, цы ’взагьш дзырдтой бæлтайæгтæ, къуыдайрæгтæ кæнæ тылийæгтæ! Зæгьæд-ма мцхетæгтæ, уырдыгæй ацырдæм мах цæмæн къахтой — скъуыдтой, калдтой — æд уидæгтæ! Цæмæй дзы сæхи уидæгтæ сагътаиккой, сæхæдæг дзы тау суагътаиккой! Ам, дам, ирон нæ цард,— ’сæ фæстагæттæн хъæбæрæй загътаиккой! *Уг цэеуылнæ ’нцад уырдыгæй ацырдæм æнусæй-æнусмæ нæ тыхст куыд! Цæуылнæ скъуыд фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ бындзагьд — быныскъуыд! Ауг иу дæр дзы куыннæ дæтты дзуапп: кæдæй цæрæм ам, чи стæм! Ау, куыд зæрдæкцойæ кæсынц нæ зынтæм, нæ ристæм! Ау, кæ тæригъæдæй кæ ивгъуыды æвдисæнтæ куыннæ ныккæнынц сырды богъ, Æви сыл бафтыд — * се ’ппæтыл дæр бафтыд мæрдырох! Æви уым дæр, ам дæр нал ис раст, æрмæст ма — хахуыр, мæнг, фæлдыст, дам... Куыд дзы фæраздзыстæм, дзыцца, ды — уым, æз — ам! 6. Уагьылытæ, фæззыгон уæм тонынмæ цыд дзыцца, Æвæццæгæн, фæцайдагъ æмæ нæ тарст уæ хæцаг сындзы хæстæй. Фæстаг хатт ма — йæ мæлæты размæ — сымахимæ дзырдта, Фæстаг хатт ма сымахæн кодта йæ хабæрттæ, йæ ныхæстæ. Цымæ цæуыл дзырдта! Цы дзырдта! Мæлгæйæ хъыпп-сыпп дæр не схауд йæ дзыхæйг Æрмæст мæлæтимæ
йæ улæфт кодта хъуыргъуыкдæг æдыхæй. Уагъылытæ, сымахæн кæм ис зайæнуæттæ, хæтæнтæг Уым æроыл фæззæг дæр цыма рацæуы, ранхъæвзы хур-зæй. Мит уыл æруарыд, æмæ —’сырхуадултæ — бабастат урс кæрдæнтæ, Чи зоны, дарут ыл сау — сауæй нæ, фæлæ урсæй. Уагъылытæ, лæуут æнкъардæй, фæлæ уæддæр куыд рæсугъд, куыд аив ыстут! Æз-иу уæм цæудзынæн, сымахыл-иу цæстæигасгэй ныттыхсдзынæн. Æз уын дзыццайы нæ баивдзынæн, симах мын дзыццайы нæ баивдзыстут, Фæлæ йæ мæ уынгæйæ мысдзыстут, фæлга йæ уæ уынгæйæ мысдзыкæн. Чи зоны, зæгъ<зт мын, фæстаг хатт уын цæуыл дзырдта, Цы уын дзырдта мæгуыр, мæгуыр, мæгуыр дзыцца. 1991, октябрь-декабрь. ооо
ДЗАСОХТЫ МУЗЛФЕР МЫСЫРЫ СЫДЖЫТ Повесть I Лæнкауæй мæ цæст нал исын. Кæсын, æмæ мæ цæсты- тæ уынынц, сæ) разы цы ис, канд уый нæ, фæлæ, кæддæр цы уыдтой, уыцы’ нывтæ дæр. Уыдон та зæрдæйæн кæддæриддæр цин æмæ æхсызгондзинад хæссынц, уымæн æмæ адæймаг йæ- хи æппæты амондджындæр’куы хуыдта, уыцы дугыл дзу- рынц, тæккæ æнæхиндæр замантæ йын мысын кæнынц. Æвд- дæс азы йеддæмæ хъæуы нæ фæцардтæн. Æвддæс азæй чы- сыл фылдæр рацыд, горæты куъг’цæрын, уæдæй нырмæ, уæд- дæр мæхи горæтагыл нæ нымайын, уымæн æмæ мæ уидæгтæ хъæуы сты. Мæ’къалиутæ æмæ мæ сыфтæртæ дæр. Кæд, мыййаг, искуы дыргъ радтон, уæд уый дæр, уидæгтæ, къалиу- тæ æмæ сыфты хицау чи у, уыцы бæласы уыдзæн. Ацы лæнкау мæ зæрдæйæн уæлдай адджыцдæр у. Йæ дзе- дырджытæ мын ме ’ххормаг бирæ хæттыты басастой. Йе ’хсæртæй мæ дзыппытæ’ бирæ хæттыты байдзаг кодтон. Йæ футæгæй дзыцца бирæ цæхæра фæфыхта... Йæ тæккæ рæбын цы суадон æвзæры, уый афтæ сыгъдæг æмæ уазал. у, æмæ дзы нуазынæй нæ бафсæддзынæ. Куыд дæлæмæ кæд йæ до- ныл æфты, уæддæр цæмæдæр гæсгæ йæ сатæгдзинадæй хауы. Æвæццæгæн æм цы суадæттæ кæлы, уыдоны; фæрцы. Уæвгæ афтæ хъуыды кæнын хъуамæ бынтон раст ма уа, уымæн æмæ уыдон дæр сæ тæккæ гуырæны ихы къæрттау уазал сты. Лæнкау йæхæдæг куыд уæрæхдæр кæны, афтæ дон дæр йæ арæнтыл фæйнæрдæм хæцгæ цæуы. Фæстагмæ дзы ахæм зараг æмæ тагъдцæуаг дон рауайы, æмæ адæймаджы | нал фæуырны, йæ райдайæн хуырджын къулæй ратæдзгæ зæл- ланггæнаг урсцæппæр ирд æртæхтæ уыдысты, уый. * Диссаг у, æвæдза, ацафон æрдз. Сæрд фæвæййы, фæлæ фæз- зæг нæма райдайы. Фæззæг райдайы, фæлæ сæрд нæма фæ- вæййы. Кæм сæрд] фæззæджы арæнæй бахизы, кæм та фæззæг —сæрды арæнæй. Зæрватыччытæ атæхынæввонг сæхи æрцæт- тæ кæнынц. Телефоиы телтыл дæргъæйчдæргъмæ хæлтТæ са- разынц æмæ дард балцы размæ сагъæсты аныгъуылынц., Хърихъуппыты уаст арвы кæцыфæнды кæронæй куы райхъуы- сид, уæддæр мæм диссаг нæ ■ фæкæсид, уымæн æмæ сæ тæ- ригъæддаг хъæлæс адæймаджы хъус ацафон æрцахсы. [Æр- 11
мæст сæ кой-сæ ,хъæр дæр никуыма ис. Уыдон, æнхъæлмæ сæм æппындæр куынæ срæкæсьшц, уæд фæзынынц. Стæй сæ уасын, кæм вæйиынц, уырдыгæй райхъуысыны? бæсты ссæуы бынтон æндæрырдыгæй. Дæмæй сæ фенай, уый тыххæй дæ дæ мидбынаты æрзилын бахъæудзæн. Иугæр сæ куы ауынай, уæд дыл цыма стыр хорздзинад æрцыд, уыйау дæ зæрдæ уæрык- кау скафдзæн, æмæ цыма сызгъæриятимæ баст бæддæны кæ- роныл фæхæст дæ, уый хуызæн дæ цæст æрныкъулыиæй дæр тæрсдзынæ, уыцы рæстæг куы фæцыдæр уой> Зæгъгæ. Кæд дæ амонд уа, уæд мæргътæ иу-цалдæрæй сæ балæй фæхицæн уыдзысты — ахæм амонды аккаг кæй разындзынæ, ууыл т!а æууæндын дæ бон у, уымæн æмæ хърихъуппыты иу хай афтæ арæх адзæгъæл вæййы — æмæ угад сæ фæдыл фылдæр рæстæг фæкæсдзынæ. Уæвгæ уыцы рæстæг цыфæнды бирæ куы ахæсса^ уæддæр дæм фаг пикуы фæкæсдзæн æмæ æна- хуыр мæргътимæ фембæлд дæхицæн нымайдзынæ æрмæстдæр иунæг уысмыл, æдзухдæр æхсыагснæн кæй мысдзынæ æмæ дæм адджын æккъарæятæ чи ’взæрын кæцдзæн, ахæм уысмыл. Дыууæ-æртæ къуырийы размæ дæр-ма бæлæсты цъæх цæ- сты тынгдæр ахадыдта. Ныр дзы ранæй-рæтгы фæзынди канд бур сыфтæ нæ, фæлæ згæхуыз, тугхъулон æмæ фæлурссыр- хытæ дæр. Хуры тыытæ сыфтæ цъæхæй ахорынмæ куыд дæс- кы сты, уымæй къаддæр дæсьы ке сты иннæ хуызтимæ архай- ынмæ дæр. Кæрдæг, цыма йæ уалдзыгон хуызыл йæ. зæр- дæ никуы сивдзæн, афтæ зыиы, фээлæ уымæн дæр бонты ком- мæ æнæкæсгæ нæй. Бæлæсты бур сыфтæй йæ къалиуыл хæ- цын чинæуал бафæрæзта, уыдон кæрдæджы ирдцъæх иуцас- дæр фæкайдтой. Бирæ нал баззад, кæрдæгмæ йæхимæ дæр йæ хуыз ивын хуыздæр кæсын куы райдайдзæн, уыцы рæстæгмæ. Уый, фæззæг йæ тыхы куы бацæуа, сæрдæн та æхсæвæй рай- соммæ дæр йæ тых сæттын куы райдайа, уыцы заманмæ хæстæгдæр уыдзæн. Ныр та уал сæрд æмæ фæззæг æддæг- мидæг ауадысты, дыууæ хойы ’хуызæн кæрæдзийы ныхъ- хъæбыс кодтой æмæ цалынмæ сæрд йæ кæстæр хойы хъæбысы нæ бафынæй уа( æмæ фæстæмæ фæззæгæй нæ райхъал уа, уæдмæ æнцойад не ссардзæн.... Зæрватыччыты хъæрахстмæ мæ мидбынаты фестъæлфыд- тæн. Куыд бамбæрстоы, афтæмæй сыл цъиусур йæхи\ рауагъта. Уыдон ын йæхимæ фесты. Телтæй æнахуыр цъæхахстгæыгæ уыциу пæррæст, фæластой æмæ даргъ уылæнау сæхи лæбурæ- гæй иуфарс фехстой, стæй æваст фæстæмæ фæзылдысты æмæ йыл сæхи рауагътой. Цъиусур йæхи фæтылиф кодта æмæ бынтон æндæрырдæм ацъыввытт ласта. Æнхъæлдтон, зæрва- тыччытæ йæ ныууадздзысты, зæгъгæ, фæлæ йæ уыдон дæр бафæзмыдтой. Лæбурæг йæ тылифæй цы æнæуынгæ фæд акод- та, ууыл цæстыфæныкъуылдмæ атасыд зæрватыччыты уыь лæн. Ацы хатт тыхгæнæг ницæмæуал фæцарæхст æмæ æрхъу- лайы февзæрд. Йæ сæр кæм фæцæва, уымæн куы ницыуал амал ардта, уæд йæхи æмуырдыг фехста æмæ иуцасдæр зил- 12
лаккæй фæхицæн. Зæрватыччытæ кæнæ сæ хæс æххæстгондыл банымадтой, кæнæ та йæ куынæуал баййафой, ууыл сæ зæрдæ нæ дардтой æмæ фыццагау тарст хъæлæсæй уасгæйæ сæхи зрвы цъæхмæ систой. Лæнкауы сæрмæ цалдæр зылды æркод- той æмæ та телтыл æрбадтысты. Дард бæстæтæм сæ тæхын афон куы ’рхæццæ вæййы, уæд афтæ æмбырдтæ кæнын бай- дапынц. Сæ хъуыддæгтæй æнæкондæй ницыуал баззайы. Ахстæттæ скæнынц, цъиутæ рауадзынц, схъомыл сæ кæнынц. Сæ алкæцы дæр дзы балцы тæхынмæ йæ гæрзтæ рабæтты. Афтæ фæзыны, цыма сын æнхъæлмæ кæсгæ ницæмæуал у,- фæлæ уыдон нæ фæтагъд кæнынц. Цалынмæ фæндарасты ^арджытæй бафсæдынц, уæдмæ ацы зæххæн хæрзбон нæ фæ- зæгъынц. Хуры тынты ма цы тавст баззайы, уымæй сæ фар- чы хай ратонынц. Сæрды кæронæй фæззæджы райдайæнмæ цы арвы цъæх баирвæзы, уым ацъыллинджытæ кæнын сæм фæндаггаджы хуызæн фæкæсы æмæ сæ базырты арæхстдзи- ъадыл нал фæцауæрдынц. Сæ уд-сæ дзæцц вæййы сæ фæн- даджы размæ æмбырдæй абадык. Хуыцау йæ зонæг, чи дзы цæуыл фæхъуыды кæны. Се ’ппæт, æвæццæгæн, æмхуызон сагъæсджын нæ вæййынц. Хистæртыл кæддæриддæр фылдæр >æз фенцайы. Кæстæрты мæты дæр уыдон бацæуынц. Хус- сармæ фыццаг хатт чи тæхдзæн, уыдонмæ æрдзæй къаддæр хъару æмæ кыфс нæй, фæлæ сæ каст хистæртæм у. Уыдон фылдæр федтой æмæ уымæ гæсгæ фылдæр зонынц. Фæззæджы райдайæны ахæм хур бонтæ скæны, æмæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма сæрд фæстæмæ ралæууыд. Уыцы рæстæг адæймаджы цæст уæлдай арæхдæр æрхæцы зæрватыччыты дзыгуыртыл. Кæм ныллæджыты бирæгæйттæй ^ъæрахстгæнгæ фæцæйтæхынц, кæм — телефоны телтыл нæр- тон куывды рабадыиц, кæм{ та — быдыры сæрмæ сæхи бæр- зонд сисынц. ! Иуафон боныхъæд аивы. Цасдæр хуры цæст нал разыны. Стæй та, æнхъæл куынæуал вæййæм, уавд мигътæ арвæй асырдæуы. Хурзæрин та фыццагау сæрттивы. Æрмæст зæр- ватыччытæ нккæцæйуал разынынц. Цыма сæ чысыл æфсон йеддæмæ нæ фæхъæуы æмæ уыцы æфсон, цæст кæдæм не ’ххæссы, ахæм ран æмбæхст вæййы, уый хуызæн æнæуынæ- рæй æрбайсæфынц. Æнхъæлмæ ма сæм бæргæ фæкæсæм, кæд ма фæзыниккой, зæгъгæ, сыл нæ зæрдæ бæргæ фæдарæм, фæлæ сæ цъыбыртт дæр никæцæйуал райхъуысы. Дуне бæл- вырд фæафтиддæр вæййы. Дзæвгар рæстæг нын цыдæр нал фæфаг кæны, чидæр нæ цыма цæмæйдæр асайдта, гадзраха- тæй ныл рацыд, афтæ нæм фæкæсы. Нырма. уыцы рæстæг нæма ралæууыд, стæй куы ралæу- уид, уый дæр мæ нæ фæнды. Æз горæтæй ардæм мæ æрвыл- боны сагъæстæй фервæзыны) тыххæй æрцыдтæн æмæ лæнкау- мæ кæсынтыл уымæн фæпæн. Хæдзар мын нал и, фæлæ уый афтæ ыæ амоны, æмæ мын райгуырæн бæстæ дæр нал и. Мæ- нæ мын ацы лæнкау куыд ничи байсдзæн, афтæ мын ничи 13
байсдзæн Сауджыны зæхх æмæ Хуыдзых, Хъæууат æмæ Да’ргъ хуымтæ, Къобосты хъæд æмæ Бехъан, Урсдон æмæ Куыройыдон! Уыдонæй мæхи æнæхай никуы схондзынæну уымæн æмæ мæ зæрдæйы æвæрд сты, мæ хъуыдыйы цæрынц, мæ зонды тæлфынц. Хæдзар мын нал и, зæгъгæ, зæгъын, фæлæ мын куыннæ и хæдзар дæр! Чифæнды дзы ’куы цæра, уæддæр йæхæдæг мæ зæрдæйы кæй цæры æмæ, цалынмæ æгас уон, уæдмæ кæй цæрдзæн^уый у сæйрагдæр. Нæ хæдзары чи æрцард, уыдон ын йæ къуымтæ мæнæй хуыздæр никуы базондзысты. Уæдæ иæ цæхæрадонæн дæр афтæ. Нæ гыццыл цæхæрадоны кæцы зæххы гæппæлыл цы хуыздæр зади, уый мæнæй никуы ферох уыдзæн. Кæннод стыр цæхæрадон! Нæ фæткъуы бæлæстæй кæуыл цавæр дыргъ зад æмæ-иу дзы чи кæд сцæттæ, уыдæттæ мæ зæрдæйы фыст сты. Нæ балтæ æмæ чылауитæ, алтъамитæ- æмæ... Гыццыл-ма бахъæуа «курагатæ» ма срæдион. Курагатæ* нæм никуы! уыдис. Цалдæр азы ныссагътам æмæ нын иу хатт дæр нæ фæрæстмæ сты. Куы-иу не схæцыдысты, куы та-иу сигæ бакодтой. Нæ цæхæрадоны курага нæ зайы, зæгъгæ, йæ ууыл банымадтам. Афтæмæй дзыцца дыргътæй уымæй фыл- дæр ницы уарзта, Уыцы хъуыддаг сыхæгтæ зыдтой æмæ-иу нæм радыгай хуынтæ хæссын райдыдтой. Курагаафон дзы хъуаг никуы баййæфтам. Дзыцца-ма-иу дзы хус дæр бакодта^ варенæ дæр-иу дзы сфыхта... Райгуырæы бæстæйæ зынаргъдæр ницы ис. Мысыры сы- джыты ад кæны, зæгъæ, дзæгъæль^ нæ фæзæгъынц. Дæ рæзгæ бонтæ кæм арвыстай, уымæй рæсугъддæр æмæ дæм амонд- джындæр никæцы .къуъщ фæкæсдзæн, дæ зæрдæмæ уымæй хæстæгдæр ничи уыдзæн. Куы зæгъын, иыронг цы ацардтæн, уый дыууæ дихы куьг акæкай, уæд йæ раст æмбисæй чысыл фылдæр горæты цæрыи, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма мыл æвддæс азы йеддæмæ нæма цæуы. Мæхи фондзаздзыд рахо- нын мæ бон у, авд-аст..., фынддæс-æхсæрдæс, суанг æвддæсаз- дзыдыл дæр сразы уыдзынæн, фæлæ, хъæуæй куы рацыдтæн, уæдæй фæстæмæ рæстæгæй мæ карыл иу бок$ дæр нæ бафтау- дзынæн. Чи зоны, мæ хъуыдыкæнынад фæуæрæхдæр, цыдæр- тæ федтон æмæ базыдтон, фæлæ, цы дæи æмæ цы суыдзы- н’æн, уыдонæн цыфæнды бирæ аргъгæнджытæ куы уа, уæд- дæр дзы æвддæс азæй фылдæр някæуыл цæудзæн, стæй мæхæ- дæг дæр мæхимæ уыцы! кары цæстæй кæсдзынæн. Дзыцца мын цытæ дзырдта, цæуылты мæ ахуыр кодта, уыдон сæх~ хæст кæнынæн мæ цард куы сфаг уаид, уæд мæхицæй амоид- джындæр никæй хонин. Цы адæмы æхсæн хъомыл кодтон, цы хистæрты уыдтон, уыдоны; зонд æмæ мын фарн цæрыны фаг дæр æмæ мæлæтмæ бацæттæ кæныны фаг дæр сты. Цæрын æмæ мæлæтмæ цæттæ кæнын та кæрæдзиуыл фидар баст сты. Кæд исчи сæ фæхицæн кæкыныл бацархайы, уæд уымæ адæ- 14
МЪ1 хъæр нал фæхъары, кад æмæ намысыл суæлæхох вæййы, адæмы цæсты нал фæахады. ?1æ хъæуккæгтимæ фембæлд мын алы хатт дæр стыр æх- сЬт3гондзинад æрхæссы. Чифæнды ма уæд — ивгъуыд цаутæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кæны. Сабидугимæ баст хабæрттæ мын сног вæййынц. Маст æмæ мын сагъæсы хос чи уыд, уы- донмæ дæр æндæр цæстæй акæсын. Кæй зонын æмэз мæ чи зоны, уыдонæй æфсæрмы дæр кæ- пьш æмæ тæрсгæ дæр. Æфсæрмы сæ кæнын, цæйас сæм кæ- сын, уыйас кæй нæ дæн, уый тыххæй. Тæрсгæ та кæнын, сæ вæрдæ мыл цæмæйты дарынц, уый аккаг фидæны дæр куынæ разынон, уымæй. Æппæты тынгдæр та стъæлфын сæ разы истæмæй фæкъæмдзæстыг уæвынæй. Искуы мæ исты æнæр- хъуыды ныхас куы сирвæза, сæ зæрдæмæ цынæ фæцæуа, лхæм хъуыддаг куы бакæнон, уæд-ма сæм цы цæсгом равдис- дзынæн?! Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ дзы мæхи иунæджы цæс- ты куы бафтауин, уæд се ’ппæтæй дæр æфсæрмы кæнын’ рай- даин, искæмæй сом куы фæдарын, уæд æппæт апæмæй дæр мæхи хæсджын куыд фæхоиын, афтæ. Цы дæв, уый мæм мæ хъæуккæгты цур æппæтæй тынгдæр разыны. Кæуыл фембæ- льиг, уымæй мыл хуыздæр дзаумæттæ куы вæййы, уæд» мæхи- иымæр мæ сабидуджы февзæрын æмæ мыл уыцьь рæстæджы цы дарæс уыд, уыдон мæ цæстыты раз фегуырынц... Цалынмæ авдазон скъола фæдæн, уæдмæ ма? буар æлхæн- гæ дарæс никуы федта, мæ фылдæр æмгæртты хуызæн мæнæн дæр мæ хуыздæр дзаумæттæ уыдысты æмпъызтытæ æмæ рæх- сæдтытæ. Ахæм уавæрты чи схъомыл вæййы, уыдонмæ æм- хуызон зонд зынæй уыдзæни, фæлæ иу адæймагæй æз мæ нвгъуыдæй æфсæрмы кæнын. Цалынмæ мæ цæст æрттива, уæд- мæ йыл комдзог никуы рацæудзынæн. Цы ис , уый мын, цы уыдис, уый йæ фæстæ никуы бамбæхсдзæн, нæ дзы бамбæх- сдзынæн мæхæдæг дæр. Цы уыдис, уый та мæ хъæуккæгтæ æмаё мæхицæй хуыздæр ничи зоны æмæ хъуамæ кæрæдзийы сæр хъуыды кæнæм. Кæддæры хабæрттæ куы фæмысын, уæд фæстæмæ багыц- цыл вæййын. Сывæллоны хъ^стæй хъусын райдайын, сабийы цæстытæ^ фæкæсын мæ алыфарсмæ. Мæ сывæллоны зонд ку- сын райдайы. Къоста дæр кæд хуымæтæджы нæ фыста: «Ныр дæр-ма æрра дæн. Сывæллонау сонт»... Кæд, мыййаг, æрра уæвык адæймаджы амонд у, йæ сонт хъуыдытæн хæрзбон кæй никуы фæ^æгъы, уымæй йын Хуыиау стыр лæвар ракодта?! Чи зоны. Йæ сывæллоны бонтæ кæмæй ферох сты — кæд ахæм уæвгæ зæххыл ис, уæд — уый, мæнмæ гæсгæ, цал азы йыл цæуы* уал азы карæны аккаг лæр никуы суыдзæни. Лæ- гыл цасфæнды куы рацæуа, уæддæр мидæгæй сабийæ базза- йы, мæнæ дыргъы мидæг билцъæн апп куыд баззайы, асЬтæ. Алæймаг д^нем°* сабидугæй я^рбацыд æмæ йын афтæ адджьтн Дæр уымæн у. Цалынмæ фæцаеры, уæдмæ йыл фидар уидæг- тæй баст уымæн вæййы. ’Адæм иухуызон уавæрты нæ фæхъо- 15
мыл кæнынц, фæлæ сын сæ сывæллоны бонтæ мысын æмхуы- зон æхсызгондзинад уымæн фæхæссы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт цаутæ зæрдæйæн æмхуызон хæстæг не сты. Иутæ дзы кæддæриддæр адæймаджы рухс бæллицтыл бафтауынц, иннæтæ та йæ сагъæсты баппарынц. Кæд сыл бирæ азтæ рацæуы, уæдде^р сæ изгарддзинад бынтон нæ асæтты, сæ масты тых кæронмæ кæ бамынæг вæййы. Стæй сын бамынæг уæвæн дæр нæй. Кæд риуы иунæг зæрдæ тæлфы, уæддæр дзы цин æмæ мастæн фæйнæ бынаты ис æмæ дзы иу иннæйы бынат никуы бацахсдзæн, афтид уæвын та сын Хуыцау нæ загъта. Ацы хъуыдытыл мæ, уалæ хæрæгуæрдоны чи ’рцæуы. уыцы зæронд лæг бафтыдта. Растдæр зæгъгæйæ, йæхæдæг нæ, фæлæ йæ хойы лæппу. Мæнæй дыууæ азы хистæр уыд. Йæ мады ’рвадæлтæ нæ сыхы цардысты æмæ-иу сæм сæрдыгон арæх цыди. Æмæ йыл хуымæтæджы ном дæр куы уыдаид — Сæрмæт, Нæ фыдæлты ном ыл бæргæ сæвæрдтой, фæлæ йæм . уьвдоны фарнæй ницы фæхæццæ. Гæдывад. Горæты цардысты æмæ-иу цынæ мæнг ныхас ракодтаид, ахæм нæ уыд. Куы-иу загъта, дыууæ лæппуйæ цыппар къæрныхы нæ сыхæгты хæ- дзар давгæ æрцахстам, куы—ивылд Терчы сæрбынмæ ныг- гæпп кодтон, куы — цы. Афтæмæй æхсæвыгон къутуты цурмæ иунæгæй ацæуын нæ бауæндыд — нæхимæ мæм æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, сæфсон кодта. Уæдæ. Бех’ьаны цад;ы хъæзбы- ны онг баленк кæнынæй дæр фæтарст. Йæ мады æфсымæр ныр æрбынæттон, æндæр хæсты фæс* тæ йæхи бира^ фæрадав-бадав кодта. Куыд дзырдтой, афтæ- мæй немыцмæ уацары бахауд æмæ тарст, куы йæ ’рцахсой, уымæй æмæ хæстæг нæ уæндыд. Дзæвгар рæстæг Джермецыч- чы рæгътыл хъæдгæсæй фæкуыста: хъæумæ-иу, куыд ничи йæ фена, афтæ кæд æхсæвыгон фæзынд, æндæр адæммæ йæ- хи не ’вдыста. Уыцы рæстæджы, уацары чи уыд, уыдонæй, зæгъæн ис æмæ, никæуыл ауæрстой. Фондз æмæ-иу сын ссæдзгай азтæ стæрхон кодтой, æмæ-иу сæ кой-сæ хъæр никæ- цæйуал райхъуыст. Дис цæуыл кодтон: . немыцы фарс æрго- мæй чи рахæцыд, йæ адæмы чи ауæй кодта, уыцы пъæлицæй- æгтæн дæсгай азтæ йеддæмæ нæ лæвæрдтой. Сæрмæты мады æфсымæрмæ цы аххос уыд, уый нæ зыдтон, фæлæ йæхи æдзухдæр — махмæ æввахс цардысты æмæ йæ æз дæр цал- дæр хатты .федтон — къæмдзæстыгхуыз дардта. Йæ цæс- гом — фæлмаст, комкоммæ никуы никæмæ бакаст, худын та, æнхъæлдæн, зонгæ дæр нæ кодта. Иу фæлмæн ныхас дзы ни- куы сирвæзт. Куы-иу сæм бацыдтæн, уæд-иу æй цыма исты давгæ баййæфтон, йæхи-иу афтæ дардта. Йæ цуры-иу* дзурын нгё, фæлæ улæфын дæр нал уæндыдтæн. Мæ алы * фезмæлд дæр-иу аивæй хъахъæдта. Мæ бацыд ын-иу хъыг кæй уыд, уыйгиу бамбæрстон æмæ-иу сæм бирæ никуы бафæстиат дæн. Уый — раздæрты.' Фæстæдæр та-иу сæм цæуын дæр нал уæн- дыдтæн. 16
Сæрмæтимæ т.а кæрæдзийы хорз æмбæрстой. Уыимæ æыæ- ^зургæйæ. Еæрты-иу цыдæртæ архайдтой,— фæстаг рæстæджы лады æфсымæр боныгон дæр цæуын райдыдта,—фæлæ сæ тыхас никуы райхъуыст. Дзургæ нæ кодтой, уый иу хъуыд- -аг уыд, фæлæ сæ уыиæр дæр нæ цыд. Афтæмæй иу сæрд рнæлъæн сара сарæзтой. Сæрмæтæн йæ мады хистæр æфсы- . 1æр хæсты баззад æмæ йæ гыццыл лæппу йæ мад æмæ ма- цымадимæ иумæ цардысты. Кæд зæронд’усæн йæ иннæ фырт æстæй дзæбæхæй ссыд — уацары кæй бахауд, уый куынæ 1ьтмайæм, уæд — уæддæр цæмæдæр гæсгæ æнæлæг хæдзарыл тымад уыдысты. Дзаг уæрдон сынсæ кулдуарыл батулгæ шкуы ничи федта, сæ зæронд кау афоныл ивд никуы! æрцыд, •æ чыыдзы иннæ сидзæргæстау быдырон куыстæй йæ хæдзар- мæ ршкуы равдæлд. Фæлæ сыл уыцы сæрд сых сэа цæст æрæ- вæрдтой. Фыццаг сæ кæрты ног сара фæзынд. Уый фæстæ цал- тæр бонмæ уынг мих æмæ уисæй байдзаг. Сæрмæты мады- фсымæр, цы, хъæд хъахъæдта, уырдыгæй дыууæ Сæхы брич- кæйæ ласыныл нал ауæрста. Уынджы кауæн кæрæн-кæронмæ уис æмæ михæй цы хъуыд, уый ласт куы фæци, уæд бийын- мæ бавнæлдта. Йæ михтæ уыдысты быцæуты стæвдæн, йæ уистæ та — михты хуызæн. Сыхы лæппутæй йæм хæстæг цæуын ыичи уæцдыд æмæ йæм дардæй кастьтстæм. Иуæй, ахæм ставд михтæ æмæ уистæ никуыма федтам, иннæмæй та, зенхъæлмæ кастыстæм, куыд сæ бидзæн, уымæ. Цонджы стæв- цæн уистæ йын тасын нæ комдзысты, зæгъгæ, афтæ æн- ^ъæлдтам, фæлæ фæрæдыдыстæм. Сæрмæты мадыфсь^мæр лхæм хъаруйы хицау разынд, æмæ уистæй яущ бон д.т:р йæ коммæ нæ бакæсыы нæ баци. Михтæ арф æмæ фидар кæй -тьтс- загъта, уый руаджы дзы иу дæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Кæд дзы-иу искæцы фæзылын, уæд-иу æй дыккаг уис йæ 5ыпаты абадын кодта. Цалдæр бонмæ æхсæст уистæй быд чауы фæстаг тæлм кæронмæ ахæццæ. Быцæутæ йæм цæмæдæр ^æсгæ мидæгæй сæвæрдта. Æвæццæгæн, сыл цæмæй фос сæхи уга хафой æмæ кау ма змæлын кæной, уый тыххæй. Тынг рæ- •угъд, бæрзонд æмæ æмраст кауæй æнæхъæн сых сфидыдта. 1>æлæ кау дæр æмæ сых дæр ноджы тынгдæр сфидыдтой, д;алдæр боны фæстæ-ма йын сæр куы фæзынд æмæ хъæмпæй —■ хуымæтæджы хъæмпæй дæр нæ, фæлæ сысджыйы.хъæм- гæй—æмбæрзт куы ’рцыд, уæд. Æвиппайды нæ сыхæгтæ лæг- Шын хæдзарæй агæпп ластой. Цыма сæм сидзæргæс дæр нал *Ь1д, сæ лæппуйæн дæр фыд фæзынд, афтæ мæм фæкаст. Ацьт хабæрттæ мæ зæрдыл Сæрмæтмæ гæсгæ æрлæууыды- ты. Уыцы кауы фæстæ æрцыдысты хабæрттæ, хъусгæ та сæ ^æрзæрæджы фæкодтои. Сæрмæтимæ нæхи хъæуы зианы сæм- ^лдыстæм. Дзæвгар азты йæ иал федтон. Сывæллонæй фæс- ^мæ дзы мæ зæрдыл хорзæй ницы бадардтон, фæлæ мын æДдæр йæ уынд æхсызгон уыд. Йæ фарсмæ нæ сыхæгты гннæ лæппу лæууыд æмæ мах Сæрмæтимæ нæ ныхæстæ куы Мах дуг № I 17
фестæм, уæд уыимæ дзурыныл фæци. Æз дæр сæм аивæй мæ хъус дардтон. Куыд бамбæрстон, афтæмæй иу-фынддæс азы размæ Сæр- мæт ’нæ сыхы лæппутæй цалдæримæ Джермецыччы рагъмæ ацыдысты хæрæгбæдæны уидæгтæ къахынмæ. Æз уыцы ха- бæрттс^ йæ рæстæджы дæр хъуыстон, фæлæ сын сæ бæлвырд- дзинæдтæ Сæрмæтæй æрæджиау базыдтон. Цæвиттон, уыцы хæрæго-æд&ш зади Джермецыччы рагъыл. Фæдæгъдæй бæр- зонддæр чи нæ у, уыцы къутæры уидæгтæ паддзахад зы- иаргъæй æлхæдта: хусгондæй сæ килæ фынддæс сомæй, хуы- лыдзæй та — æхсæз сомæй. Аразгæ та дзы , кодтой каучук. Сæрмæтæн йæ мадыфсымæр загъта, æмбæлттæ ссар æмæ, цалынмæ скъолайæ уæгъд дæ, уæдмæ уæхицæк æхца бакусат, яæгъгæ, æмæ уый дæр кæ сыхаг лæпиутæй цалдæримæ æхсæ- вæддæйы ацыдис. Сæрмзэтимæ хъæрмуд кæй никуы уыцтæн, уымæй мæхицæй (у,зныгæй баазадтæн. Хъуамæ мæн дзыцца æхсæвæддæйы уадзгæ дæр ма акодтаид — чи зоны, æппынфæстаг та еразы уыдаид,—фæлæ ныхас Сæрмæты саузæрдæдзинадыл цæуы. Иугæр куы ацыдаин, уæд уыцы уидæгтæ къаддæр никæмæй скъахтаин. Мæ цæстытыл ауад, дзьщца.йæн мæ фæллой йæ къух цео фа~;рогдæр кодтакд, уып. Бæппуны пеиси ксазн бон- мæ-иу й& цæстытæ куы ныуурс сты æмæ æгасæппæтгой авд туманы æмæ дыууæ сомьг йеддæмæкуынæуыдис, уæд йæ алы килæ дæр фынддæс сомы кæмæн иста, уьшы уииæт^ай дьтууæ къуыримæ—уыйбæрц рæстæг фесты Сæрмæтитæ Джермецыч- чы — цымæ цас æрæмбырд кодтанн! Сæйрагдæр та, дзыццайæн цæй бæрц цкн æрхастаии ме ’рхъуыдыдзинадæй! Мæ бои чысыл цыдæртæ кæнын кæй фæцис, уый йын цас ныфсчюад- таид! Æппæт уыиæттæй мæ æпгэхай фæкодта Сæрмæт, хг^- пæлой æмæ æдзæстуарзон кæй хуьтдтон, уыцы Сæрмæт. Ньш ын дардмæ йæ мады æфсымæры куы ауылтои, уæтг дзы зчсэхи фæсвæдмæ уымæн айстон, йемæ фембæлын мæ уымæн нæ бафæндыд. ’ Ницы йæ бахъыгдардтой, уацары кæй уыд, уый тыххæй. Хъæдæй хъæумæ дæр уымæн æрцыди. Æрмæст, хъæлы куыд цард, афтæ иунæгæй цæргæйæ баззад. Йæ зæронд мады ба- ныгæдта. Йæ чындз йæ фыртимæ йæ цæгаты хъæумæ цæрык- мæ ацыд, уый та хæдзары иунæгæй баззад. Къобо-сты хъæггы кæмдæр æрдузы йæхицæн зæхх бакæны æмæ та йæ хæрæг- уæрдоны, г^вæццæгæн, уырцыгæй гтæуы. Иуцасдæр æхсæры къутæрты аууон алæууыны фæстæ мæ фыццаг бынатмæ рахызтæн. Уæдмæ Сæрмæты мадыфсымæрæн йæ кой дæр нал уыд: нартхоры хуымы æхсæнты (Ъæндаг хъæуырдæм кæм азылд, уым æд хæрæгуæрдон фæтар. Мæнæн та мæ зæрдеейы ногæй ру^с бæллицтæ базмæлыдысты. Иуæч, фембæлын мæ кæиМæ нæ фæндыд, уый нал уыцтон, иннæмæй та сцæйцæугæ ауыдтои м«*) кæддæры ахуыргæнæг æмæ къла- сы разамонæг Минæты. Йæ уынд мын æхсызгон куыннæ уы- 18
«даид, фæлæ дзы æфсæрмы дæр кодтош Нæ мæ фæндыд, æды- [льгйы хуызæн мæ æрхы был иунæгæй лæугæ сæййæфтаид, [уын. Фæстаг рæстæг хъæумæ арæх нал æфтыдтæн æмæ-иу з!ын фадат куы фæци, уæд-иу мæ зæрдæйы ,дзæ(бæхæн рацыд- тйэн æмæ иу хъæуы алыварс, куыд ыичи мæ уына, афтæ мæ а&Я&æ-ры уарзоп бынæттыл зилгæ ацыдтæи. Иу-цалдæр хатты ыыл æнæнхъæлæджы чидæртæ амбæлд æмæ-иу æфсæрмы бын фæдæн. Мæхи раст кæиыныл-иу никуы фæдæн, фæлæ-иу :у1 æм ахæм зонд куы ’рцыдаид, уæддæр-иу мæ ничи бамбæр- стаид, уымæн æмæ зондæй æххæст адæймаг йæ фæлладуадзæн бон æыæ исты хъуыддагæй хъæдтæ æмæ быдыртыл разил- базпл кæна, уый мæ хъæуккæгтæй никæй бауырныдтаид. Уыдонæн цы у! Кæм хъомыл кодтой, уыцы зæххыл цæр- гæйæ баззадысты. Цы дон нызтой, уымæй нуазынц, цы адæмы æхсæн равзæрдысты, уыдонæй нæ фæхицæн сты. Æз та, цæ- мæй хъæздыг уыдтæн — Райгуырæн бæстæйæ, фыды уæзæ- гæй,— уымæй æнæхай фæдæн æмæ-ма йæ рæстæгæй-рæстæгмæ дæр куы нæ уыдтаин, уæд мæ бынтон мæгуыргур куы рауа- даид. Уæвгæ уæд дæр мæгуыргурæй хуыздæр уавæры нæ уыдтæн. Сæумæрайсом-иу горæтæй рараст дæн. Нæ хъæуæй-иу иу асд километры æддæдæр æрхызтæн æмæ-иу фистæгæй рацыд- тæн. Суадæтты сæрты, æвæд рæтты æмæ къахвæндæгтыл, бы- дыртæ æмæ хъæдтыл — кæддæр нæ родтæ æмæ уæрыччыты кæм хызтон, уистæ æмæ михтæ цы къохты кодтон, хос цы æрдузты карстон, дзедырджытæ цы лæнкауты тыдтон — уыцы рæтты цæуынæй-иу иал æфсæстæн. Мæ хъуыдытимæ иунæгæй баззайгæйæ-иу мæ куы ничи хъыгдарид, уый мæ фæфæнды. Дардмæ искæй куы ауынын, уæд мæхи дæр уымæн бафæсвæд кæньтн. Мæхи Минæтмæ дæр æвдисикаг нæ уыдтæн, фæлæ мæ цыма федта, афтæ мæм фæкаст æмæ мæм æмбæхсын аив нал фæкаст æмæ, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, ’мæ бынаты лæугæйæ баззадтæн. Кæрæдзийæн салам радтам. — Адæм цы дзурынц, уый, æвæццæгæн, раст у,— къахæгау загъта Минæт. — Мæ-а, цытæ фæдзурынц... — Куыя «цытæ фæдзурынц»? Ам, дам, быдырты фæразил- базил кæныс... ’ Йæ аххос чй бамбары, фæлæ йыл æргом басæттынмæ йæ 1гыфс чи нæ бахæссы, ахæм скъоладзауы хуызæн мæхи æнæ- Дзургæйæ азымджыныл банымадтон. — Æцæг у, Бег? : Нæ фæлæ мæм мæхи номæй куыднæуал сдзырдта! Минæт }1аэм уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæцæгæй ку- сЬ1к, æхсæзæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд райдыдта. Фыц- Цаг аз æй снысан кодтой нæ к’ьласы разамонæгæй. Нæ мыг- г'^гæй иу къласы æртæйæ ахуыр кодтам. Уыимæ Хъазыбегтæ Уьтдыстæм дыууæ. Фыццаг бон нын иннæ ахуыргæнджыты 19
хуызæн Минæт нæ номхыгъдмæ гæсгæ нымайын райдыдта. Таучелатæй фæд-фæдыл дыууæ Хъазыбёджы куы сдзырдта, уæд къласыл худæг бахæцыд. Минæт йæхиуыл сдызæрдыг, кæд исты фæрæдыдтæн, ’зæгъгæ, фæлæ ме ’мномимæ кæрæдзикы фæдыл куы фестадыстæм, уæд йæ номхыгъд кæ- сын фæуагъта æмæ иучысыл ахъуыды кæныны фæстæ бар- дзырд дæттæгау загъта: «Ардыгæй фæстæмæ ды,— æмæ мæм йæ къухæй ацамыд- та,— уыдзынæ Бег.— Стæй къласыл йæ цæст ахаста æмæ-ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Сымахæй та дзæгъæл худт куыд никæмæйуал фсхъусон, афтæ». Минæты ныхæстæ мæ сагъæсы бафтыдтой, фæлæ дзургæ ницы скодтон. Урок куы фæцн, уæд æппæты разæй цы дыууæ чызджы бадт, уыдон мын загътой, журналы дæр, дам, дæ Бег ныффы- ста- Нæ мæ бауырныдтой сæ ныхæстæ, фæлæ мæ иннæ ахуыр- гæнджытæ дæр г>ег хонын куы райдыдтой, уæд мæ ког помыл чысылгаь.-чысылгай ахуыр кæнын райдыдтон æмæ фæстагмæ дьхууæ комы хæссыныл дæр срапы дæн: къласы хуъшдтæн Бег, æдде та — Хъа’зыбег. Иу къласæй ипнæыæ хы^тсги, фæльз мæ еогг! ^æ га«:ч:>1 нал бадт." Мо ’рвад æхсæзæы к^ласы ды:;- кап аз С-Лсгзад, æз аБгазон скъола фæп,æи,, уæддæр æздисæлда- ры мо ’цæг ком нæ ныффыстой æмæ та мæ Джэрмсцыччы дæр Бегæй базыдтой. Суанг дæс къласы фæуыны онг Минæты ном’ фæхастон, фæлæ йæ дзыццайæн никуы схъæр кодтон. Мæ ном мыи аивтой, уый куы базыдт&Ки, у^:д скъсламæ æиæ- ныццæугæ нæ фæуыдаид. Фæспомыг кæмттæй йч.и, æнаддæр ницы уыд. Нæ сыхæй-иу чидæртæ Бæдимæ Бæдиханæй куы сдзырдта, Ду’нетханмæ та Дукейæ, уæд ын-иу хъыг ^ыди æ:т^- иу сын алы хатт дæр бауайдзæф кодта. Адæймагмæ, дам, цы ном ын радтой, уыцы номæй дзурын хъæуы. Дæс къласы каст куы фæдæн, растдæр зæгьгæйæ та, фæстаг фæлварæн куы радтон, уæд ахуыры хайады сæргълæууæгмæ — директормæ мæ ныфс нæ бахастон — бацыдтæк æмæ йын хъуыддаг бамбарын кодтон. Уый мæ уайтæккæ дæр бамбæр- ста æмæ цæттæдзинады аттестаты мæ ном раст фыст æрцыди. Ныр мæм Минæт мæ куадзæны номæй—кæддæр мын æцæгæй Бег дæ куадзæны ном у, зæгъгæ, загъта — куы сдзырд- та, уæд ын загътон: — Ныр дæр ма мæм уыцы номæй куы дзурыс?.. — Афтæ дыл сахуыр дæн,— дзуапп радта Минæт æмæ йæ сиренхуыз былтæ кæрæдзийæ фæхицæн сты æмæ йæ рæсугъд дæндæгтæ былтимæ иумæ бахудтысты. Минæты чæппæты фыццаг куы федтон, уæд мæ зæрдæмæ фæцыди. Уыцы рæстæг экрантыл фæзынд индийаг кино «Абы- рæг» æмæ уым сæйраг ролы’ цы чызг хъазыд, цæмæдæр гæсгæ меём уый æнгæс фæкаст. Йæ мидбылхудт, йæ фьшдз, йæ сау æрфгуытæ, йæ дзыккуты фаст, суанг ма йæ къахайст дæр Ри- тæйы хуызæн уыдысты. 20
Алы къласы хуызæн мах къласы дæр уыди фыдуаг лæп- путаэ. Уыдонмæ та Ритæйы хуызæттæ нæ, фæлæ Ритæ йæхæ- ^гг дæр нымады нæ уыд. Ахуыргæнæджы номыл сæм зæд иуы ’рбацыдаид, уæддæр ын цалыымæ йæ хæйрæжы цом Зæгъын кодтаиккой, уæдмæ иæ ныууагътаиккой. -Минæтæн дæр фыццаг бонты йæ хъуыддæгтæ хорз нæ цыдысты. Уæлдай тынгдæр-иу æй йæ хъуырмæ скодтой, дыккаг аз иу къласы чи баззад, фæстаг партæйыл чи бадт, уыцы дыууæ лæппуйы. Алы мадзæлттæй архайдтой ахуыргæнæджы смæсты кæныныл. Минæт хъуыддаг æмбæрста æмæ архайдта, цæмæй сыл сабыр æмæ уæзданæй фæуæлахиз уыдаид, ууыл. Æз ыл, иуæй, дис кодтон, иынæмæй, тæригъæд. Дис кодтон, куыд быхсон æмæ фæразон у, ууыл, тæригъæд та—цы зын уавæры йæ сæвæрд- юй, уый тыххæй. Лæппуты фæядæй куы ницы уад, уæд тынгæй-тыигдæр мæ- сты кодтой. Иу урочы та Минæт фæйкæгыл хъуыдыйæдтæ фыста. Куыиæ йын бацæуой, уымæй тарст æмæ æппæты сæ- рæй фыссык райдыдта. Фыццаг хъуыдыйад æрдæгфыст уыди, гфтæ фæстаг партæйæ лæппуты пыррыччытæ райхъуыстысты. Цæуыл худынц, зæгъгæ, фæкастæн æмæ дын мын дзы иу •л’^сч.ссл МршсЗты къ&саыæ куы рцамонкд. Мкнæт йæхи афтæ сагрзонд сивæзта, æмæ йæ хæцон къабайы бынæй ра,?ынди. Цыма мын мæ зæрдæйы судзин фæтъыстæуыд, уыйау фæдæн. Минæты ахæм уавæры мæхи йеддæмæ куы ничи федтаид, уæд- дæр мын зын уыдаид. Уæлдай зычдæр та мык уыди, йæ худи- нагæн—цæмæдæр гæсгæ мæм уый тынг худинаг фæкаст — æнæхъæк кълас æвдисæн кæй уыдысты. Минæт, æвæццæгæн, йæхинымæр загъта, цыфæнды куы фæуа, уæддæр мæ фыссын нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Дыууæ лæппуйы та æндæр ницы хъуыд æмæ фырцинæй цы фæуы- даиккой, уый нал зыдтой. Минæтæн æкæмæнг баххуыс кæ- нын кæй хъуыд, уый æмбæрстон, фæлæ куыд? Уæдмæ фæй- нæгыл фыццаг хъуыдыйад кæронмæ фыст фæци: «Наступила суровая зима». Уый мæ сæры кæцæй февзæрди — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дын мæ бынатæй куы фæхъæр кæнин: — «Суровый» та иронау цы у? Минæт æнæбары фæстæмæ ракаст* цыма йæ цæстæнгасæй афтæ зæгъынмæ хъавыд: барæй мæ фæрсыс, æндæр æй зоныс, зæгъгæ, фæлæ уæддæр дзуапп радта: ; — Тызмæг. Ныр, мелæй кæм фыста, уым йæ къухæй хæцгæйæ баззац. Хæдон фыццагау къабайы бынæй зынди. Чызджытæй йын чидæр цæстæй ацамыдта æмæ, мел цы къухы уыд, уый æваст фæйнæгæй раскъæфта. Хæдон къабайы быи куы амбæхст, уæд ме ’муд æрцыдтæн. Фæстаг партæйыл бадджыты пыррыччытæ та райхъуыстысты, фæлæ цыма сæ нысаныл нал сæмбæлды- сты, афтæ мæм фæкаст. Мæхицæй хуымæтæджы бузныг фæ- Даен. Минæты æнахъинон уавæрæй кæй фервæзын кодтон,
канд уый тыххæй нæ. Лæппутæн сæ циндзинад æрдæгыл кæй аскъуыд, уый тыххæй дæр, — Хъæумæ-иу цæуыннæ фæцæуыс? — бафарста та мæ Ми- нæт. Ницы дзуапп ын радтон?! Иннæты хуызæн мæ уый дæр куынæ бамбара, уымæй фæтарстæн. Цæмæ æмæ дзы кæмæ цæуон? Ничиуал мын дзы и, зæгъгæ, нæ зæгъын. Мæ мады- рвадæлтæ æмæ мæхи æрвадæлтæ уым цæргæйæ баззадысты, Темырхъан æмæ ме ’ннæ ’мбæлттæй дæр фæсте ныууадзынмæ никæй хъавын, фæлæ лæгæн йæ хæдзар йæхи куынæуал уа, уæд æм кæйдæр хæдзæрттæ дæр фæдарддæр вæййынц. Зын у, дæ фыды хæдзар цы хъæуы ис, уырдæм уазæгуаты цæуын. Цыфæнды хорз цæстæй дæм куы ракæсой, уæддæр сæм кæд- дæр дæ фæсонтæ æвдисын хъæудзæн. Уазæгæн та йæ фæсонтæ уынынæй хуыздæр ницы ис. Фысымы зæрдæ, дам, дзы -æппæ- ты тынгдæр, сæхимæ куы фæцæйцæуы æмæ йæ чъылдым куы разыны, уæд барухс вæййы. Нæ мæ фæнды ахæм уазæг уæвын. Нæ мæ фæнды уазæг уæвын нæ хъæуы. Æнæцæугæ йæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыдзынæн! Уæлдайдæр зиан æмæ ци- ны рæстæг. Фæлæ йæм хъуызгæ-ныгъуылгæйæ дæр цæудзы- нæн. Ноджы зæрдиагдæрæй æмæ æхсызгондæрæн. Куыд ничи мæ уыка, афтæмæй, куыд никæй уынон, афтæмæй. Æнæдзур- гæйæ уарзондзинад тыхджындæр у. Мæ хъуыдытимæ иунæгæй куы баззайыи, мæ бæллицтимæ куы фæхибар вæййын, уæд мæ зæрдæйыл фылдæр циндзинад сæмбæлы. Минæтæи дæр уымæн ницы загътоы. Цалынмæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ са&’ хъуг йæхæдæг фæзынди — Мипæт се стур агурæг рацыд — æмæ йыл йæ разæй ахъæр кодта. Æз дæр дарддæр ацыдтæн. Уæлмæрдты чъылдымты мæ фæндаг акодтон. Цæмæй макæ- уылуал фембæлон, уый тыххæй. Дзыццайыл мæ къух сæвæрд- тон. Æвæдза, фæрæдыдтæн, мæхицæн йæ фарсмæ бынат кæй нæ ныууадзыи кодтон, уымæй. Зондджын адæмæй чидæр куы загъта, адæймаджы цард, дам, иууылдæр мæлæтмæ цæттæ кæ- нынæй арæзт у. Раст мæм кæсы уыцы хъуыды. Цæрынæй мæ- лын зындæр у. Æмæ йæм лæджы йæхи фылдæр цæттæ кæ- нын хъæуы. Адæймаг цæрыны ныфсæй тыхджын у. Йæ цард мæлæтæй кæй ахицæн уыдзæн, уый алчидæр фæзоны, фæлæ цыма йæ рад тагъд нæ ралæудзæн, афтæ йæм фæкæсы. Йæ райгуырд алчидæр зоны. Чи кæд амæлдзæн, уый та иичи базокдзæн. Фæлæ йæм уæддæр алкæй дæр цæттæ уæвын хъæуы. Раздæр ахæ’м зондыл хæст куы уыдаин, уæд дзыццайы фарсмæ ныгæиын никæй бауагътаин. Ныр уымæй ницыуал рауайдзæн. Чи райутырд, уьддонæй уæлæуыл ничима баззад. Æз дазр ичъынайы калм кæ дæн. Искуы мыл хур куы аны- гуыла, уæд ме стырдæр фæдзæхстытæй иу уыдзæп, цæмæй мæ нæхп хъæзгы уæлмæрдты баныгæной. Цы зæххыл равзæрд- тæн, фæстæмæ хъуамæ уыцы сыджытыл бафтон. Мæ кыййа- 22
роеджы цы зæхх бамбæрзта, мæн дæр хъуамæ уыцы зæхх бамбæрза. ...Хур Джермецыччы рæгъты сæрмæ йæхи ныллæг æруагъ- та. Хæдзар бацагурын афок нæ, фæлæ-ма, уымæн, æнхъæл- дæн, æрæджы дæр баци. Мæ цыдыл куынæ бафтауон, уæд мыл ^анафон уыдзæн. Æввахсдæр фæндагыл ацыдтæн. Уæлмæрдты Г>ыдæй-ма нæ хæдзарыл иу хатт мæ цæст ахастон. Кæд æй ттартхоры хуым иуцасдæр йæ аууон бакæнын бафæрæзта, уæд- дзэр дзæбæх зыны. Ноджьи цæхæрадоны хæснагæн иу бæлас дæр нал и æмæ йæ уæллаг хай армы тъæпæныл æвæрдау зыны. Уагæры-ма йæ ацырдыггаг къул чъырæй цагъд куы уаиц, уæд икнæ ’хæдзæртты æхсæн ыоджы бæрæгдæр дарид. Куьтрсйыдоны рахизфæрсты Даргъ хуымтæм ныххызтæн. Стыр суадокы сæрты хъавгæ бацыдтæн — чысыл-ма бахъæуа дон мæ резинæ цырыхъыты хъустæй ма пыккæла æмæ хъæз- джыны балæгæрстон. Сыкдзуасæг мын мæ уд ауайын кодта — мæ къæхты бынæй стахт. Хæрзаг йæхинымæр загъта, ацафон мæ ничиуал бахъыгдардзæн, зæгъгæ, æмæ æнæмæтæй бахсæ- виуат кодта. Æфсæйнаг фæндаджы сæрты куы бахызтæн, уæд Бёхтакьг цады хурь: фæстпг тынтæ лæсгай цырæгътæ ссыгъ- гсу:4 Куыд æкхъæл уыятæн, афтæ æрæджы мыч нæ баци. Тер- чы сæрты’бæрзонд хиды хъусмæ куы схызтæн, уæд хур дæр æрныгуылди. Нæхимæ — цьтма нæхицæй кæ рацыдтæн, уый хуызæн — фæсахсæвæр схæццæ дæы. Бæдиитæ дыккаг къуыри колхозы сты æмæ нæ дуар, кæй зæгъын æй хъæуы, æхгæлæй сæййæф- тон. Нæ сыхæгтæ мæ уынæрмæ ракастысты æмæ мæм тел радтой, абон райсом, дам, æй æрбахастой. Мидæмæ куы бацыцтæн, уæт, мæ дзаумæттæ дæр нæма раластон, афтæмæй йæ кæсыныл фæдæн. Элинæйæ. Къуыри- сæры мæм изæры фараст сахатыл телефонæй дзурддзæн. Дыу- уæ писмойы йæм фæд-фæдыл куы арвыстон, уæд мын цымæ дзуапп цæуыкнæ радта?' Кæд зивæг кæны æмæ мæм телефо- кæй уымæн дзуры? Æви сæ исгæ дæр нæма ракодта? Иу дзы æхсæз боньг размæ арвыстон, иннæуыл та къуыри куы цæуы, уæд. сæ хъуамæ куыд нæма райстаид? Чи зоны, дзы исты йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ мын йæ хъуыды дзуапп раттыны размæ зæгъынмæ хъавы?.. «Чи зоны»-тæ æмæ «æв11»-тæй ницы. Цалынмæ йемæ аныхас кæнон, уæдмæ бæлвырд хъуыдымæ не ’рцæудзынæн. \ 1 II. Газеты хуызисджытæ алы райсом дæр сæ куыст секретари- ^тæй райдайынц, фæлæ Джеуæр йæ фæнцаг мæныл акодта. Мæ къæсæрыл уыцы хъæлдзæгæй алæууыд. Дуар йæ фæдыл зенгом æрбахгæдта, йæ алыфарс ахъахъæдта æмæ^йæ цыма
исчи фехъусдзæн, уымæй тарст, уый хуызæн ныллæг хъæлæ- сæй сдзырдта: ч\ ’ — Ахæм чызгимæ базонгæ дæн, ахæм!.. Мæхинымæр дисы бацыдтæн, Джеуæрæн йæхи чызг чындз^ дзон куы у, уæд-ма йæ цавæр чызг хъæуы, зæгъгæ. Стæй йæ ахæм рог ныхæстæ кæнгæ дæр никуы федтон, уæлдайдæр кæс- тæрты цур. Цалынмæ мæхицæн ныхæстæ кодтон, уæдмæ йæ< къамтæ фæлдахынмæ фæци. Æз цымыдисæй æнхъæлмæ кас- тæн, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. — Мæнæ и,— цыма ссарæн кæмæн нал уыд, афтæмæй ма, æнæнхъæлæджы чи фæзынд, ахæм цыдæрыл фæхæст, уый хуызæн бацин кодта Джеуæр æмæ мæм дардæй цавæрдæр чызджы къам равдздста. — Чи у? — бафарстон æй дисхуызæй æз. — Куыд чи у? Дзæбæх-ма йæм æрбакæс. — Дардæй йæм дзæбæх куыд бакæсон? Джеуæр фырдиссагæй чызджы къам афтæ бæрзонд систа* æмæ дзы рæсугъддзинад зын раиртасæн уыд. Ноджы йæм цæ- мæдæр гæсгæ афтæ фæкаст, цыма йæ дарддæрæй куы æвдиса,, уæд йæ рæсугъддзинад тынгдæр разындзæн æмæ-ма фырдис- сагæй ноджыдæр иу къахдзæф фæстæмæ акодта. ( — Дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Нæ йæ уынын. — Куыннæ йæ уыныс?! • Мæхиуыл нал æууæндыдтæн. Рæсугъд чызджытæй фылдæр^ та Ирыстоны цы ис? Уæлдайдæр къамты. Омæ рæсугьд дæр уæд, стæй мæ зæрдæмæ дæр фæцæуæд. Уæд цымæ Джеуæр цы зæгъынмæ хъавыд? Куы ницы дзырдтон, уæд мын къам мæ разы æрæвæрдта. — Ныр дæр дæм нæ зыны? — Зыны. — Æмæ? — Цы «æмæ»? — Мæнæ диссаджы лæппу? Дæ зæрдæмæ иæ цæуы? — Чи у? — Знон Батеимæ,— нæ редакторы хæдивæгæйч зæгъы,— иу чындзæхсæвмæ бахаудтам. Йæ тæ^кæ сыхæгтæ чындз хас- той. Бате йые( къухылхæцæг уыд. Мæнæ ацы чызджы та,— къаммæ ацамыдта Джеуæр,— чызгæмбал рарвыстой. Нæ дыу- уæкы зæрдæмæ дæр тынг фæцыд. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кас- ти. Куыддæр æй федтам, афтæ Батеимæ нæ зæрдыл ды ’рба- лæууыдтæ. Уæддæр къамы хорз нæ рауад. Уаты рухс фаг нæ уыд æмæ афтæ тар уымæн у. Æргом дзургæйæ, къам мæ зæрдæмæ дæр нæ фæцыд. Мæ зæрдæмæ чызг дæр нæ фæцыд. Цыдæр стæвдтæ мæм фæкаст. Йæ мидбылты худти, фæлæ уымæй дæр мæ зæрдæ нæ барухс. Цькма йын хуызисæг афтæ загъта, куы нæ схудай, уæд дын дæ къам ыæ сисдзынæн, зæгъгæ, ахæм бакаст ын уыд. Джеу- æр куыд зæрдиагæй дзырдта, уымæ гæсгæ йын мæ хъуыды 24
^ргомæй нæ загътон, æрмæст, къам, æцæгæйдæр, æгæр тар ,:æн ра’уад, уыимæ сразы дæн. Куы фæцæйцыд, уæд ын къам дæхтынмæ хъавыдтæн. Уый мын афтæ: — Дæуæн æй æрбахастон, æдылы къоппа! Уадз æй дæхк- дæн. Æз-ма дзы ноджыдæр скæндзыкæк. Чи зоны, нннæтæ хуыздæр рауайой. с1ызджы къаммæ бæстоидæр æркастæн. Ахæм диссагæй йæм ницы раиртæстон- Бакастмæ гæсгæ йыл иу æмæ ссæдз- дыууæ ’мæ ссæдз азæй ф&лдæр ыæ цыдаид. Йæ дзыккутæ — хæрдмæ раст фаст. Саулагъз кæй уыд, уый йæ дзыккутæ æмæ йс ’рфгуытыл бæрæг дардта. Тыппыр рустæ йып. Кæд дзы мæ зæрдæмæ исты фæцыд, уæд æрмæстдæр йæ ^аргъ хъуыр. Сæ- рыл афтæ бæрзонд схæцыд, æмæ йæ сæрыстырхуызæй æвды- ста. Йæ мидбылты худт цæсты нæ ахадыдта. Цæеты кæ аха- дыдта чызг æнæхъæпæй йæхæдæг дæр. Джеуæр рæсугъд чыз- джытæ æвзарын кæй зыдта, уый гогдзинад никæмæн уыд. Кæ- дæмфæнды-ку куы ацыд, уæддеэр иу æнæ рæсугъд чызджы къам сисгæ арæх ке ’рбаздæхт. Уыимæ йæ хуызисæк аппарат алы ранмæ дæр йемæ хаста. Суанг-ма йæ чындзæхсæвмæ цæу- гæйæ дæр сæхимæ нæ ныууагъта. Фæлæ цыма ацы хатт фæ- рæдыд, афтæ мæм каст. Кæп æнæхъæи чындзæхсæвы, мæнмæ цы къам æрбахаста, уымæй рæсугъддæр нæ разынд, уæд, æвæццæгæн, чызджыты аиздæртæ æндæр рæттæм хуынд æр- цыдысты. Уый дæр-ма афтæ фæуæд. фæлæ йæ мæнмæ цæмæн æрбахаста? Уымæй размæ цы чызджыты къамтæ фæиста, уы- докæй мæм иу дæр куы никуы равпыста. Æви йæм дзы амæп рæсугъддæр ничи фæкаст? ’ Мæ зæрдыл цалдæр азы размæйы хабар æрлæууыц. Дæ ма- дæн цырт æвæрыс, зæгъгæ, мæм мæ куыстмæ цавæрдæр лæг куы ’рбацыд, уый æрымысыдтæн. Уынгæ дæр кæй никуы фæ- кодтон, уынгæ дæр мæ чи никуы фæкодта, ахæм æнæзонгæ адæймаг мæ уаты дуар æрбахоста æмæ мрщæмæ æрбахызт. Уыцы рæстæг дзыццайæн æцæгæйдæр йæ цырт ивынмæ хъа- выдтæн, æрмæст мæ хъуыды зæгъгæ нтшæмæн-ма кодтон. Æмæ дын мæм æнахуыр лæг комкоммæ куы ^рбацæуид. Чи уыд, цы уыд, уымæй бафæрсыкмæ дæр æй нал сарæхстæн, аф- тæмæй феддæдуар. Йæ фæдыл-ма бæргæ рауадтæн, фæлæ йæ нал раййæфтон. Ныр та мæ Джеуæры митæ афтæ дисы бафтыдтой. К’вм- дæр цавæрдæр чызджы феита. йæ зæрдæмæ фæцыд, йæ къам ын систа æмæ йæ цæмæдæр ггсс^й мзенмге '^бахаста. Ахæм рæсугъд чызг, дам, зæххыл нæй æмæ йемæ базонгæ у. Цымæ йæм цæмæй афтæ рæсугъд фæкаст? Стæй йæ куы фенон, уæд мæ зæрдæмæ дæр фæцæудзæн, зæгъгæ, йæм цæгдæн афтæ кæ- сы? ’, Цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ фæзынд Бате дæр. — Куыд у, федтай йæ? — салам дæр мын нæ радта, аф- тæмæй мæ бафарста Бате. ’ ( 25
I Иæфарст ахæм æнæнхъæдæджы,уыд, æмæ цасфæндьгку! фæхъуыды кодтаин, уæддæр ын дзуапп раттын нæ бафæраЦ таин æмæ йын йæхи фæрсынмæ фæдæн: ц — Кæй? I — Куыд кæй? Джеуæр ам нæ уыди? ! — Уыди. — Æмæ дæм чызджы къам нæ равдыста? — Равцыста. — Рæсугъд у, нæ? Быктон дисы та ныр бацыдтæн. Джеуæр-ма цыфæнды фæу æд, фæлæ Батейыл та цы ’рцыд? Æви дыууæйæ дæр, бинонта мын кæй нæй, уый знон фыццаг хатт фехъуыстой? Стæ* уыцы чызг йеддæмæ а дунейыл ничиуал ис?! — Нæ зонын. Джеуæр дзы тынг æппæлы. Рæсугъд у. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрлтой. * ^Йæ хуыздæ* æмбал мæ сыхаг баци æмæ йын æз йæ бæлвырддзинæдтæ базондзынæн. Уккверситеты иумæ ахуыр кæныыц. Куы йæ фе иис, уый мæ фæнды... Цыдæр хæйрæджы хайы мыл сæ кæй сардыдæуыд, ууыл дызæрдыг нал кодтон. Уæвгæ кгэц зæды .хай уыд, уæд дæр Хуыцау йæ зонæг. Æргом дзургæйæ мæм’ дзы сæ иуы кыхæстæ дæр иæ бахъардтой. Æпнæты фыццаг, чызг мæ зæр- /гæмæ ксей кæ фæцыд, уый тыххæй. Кæд, мыййаг, къамы, цы у, уыг^æй фыдыпддæр рауад? Ахæм хабæрттæ дæр вæййы. Иутæ цы сты, уымæй къамы рæсугъдцæр куыд . рауайынц, афтæ иннæтæ та фыдынддæрæй разыныиц. Æнæмæнг афтæ уыдзæн, æндæр Джеуæр æмæ Бате дыууæйæ рæдиыой, уый мæ нæ уырныдта. Джеуæры загъдау, кæд иннæ къамты рæ- сугъддæр рауайдзæн, уæд та? Батейы ныхас дæр хъуыдыйаг у: йæхи йын феныи хъæуы. Уæд алцыдæр йæ бынаты сбад- дзæн. Мæ «цæгатмæ» суайын мæ куы бафæнды, уæд æфсон агу- рынмæ фæвæййын, фæлæ мæ ацы хатт æфсоны сæр нæ бахъуыд. Батейы ацыды фæстæ мæхи цыппæрæм уæладзыгмæ систон. Редактор тыргъты мæ размæ фæци. Цом-ма, зæгъгæ, мæ йæ кусæн уатмæ бахуыдта. — Абрн Габоцийы мадæн йе ’хца дæттæн бон у æмæ сæ Батеимæ куы ахæссиккат, уæд æвзæр нæ уаид. Мæ «цæгат» сæ дзырдæн хицау кæй разындысты, уый мын æхсызгои уыд. Зианы бон, рæсугъд ныхæстæ бирæ рауайы, фæлæ уый фæстæ уайтагъд айрох вæййынц. Мæ раздæры æмкусджытæ Габоцийы мад Хамбечерæн алы мæй дæр фæйнæ туманæй æххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой æмæ сæ дзырдæн хицау разындысты. I — Куыд зæгъыс?—мæ хъуыдытæ мын аскъуыдтой редак- торы ныхæстæ. — Ахæсдзыстæм сæ. — Уæдæ адæм мызд райстой æмæ сыл азилын хъæуы, кæн- нод ныххæлиу уыдзысты. 26
Редактор йæ дзыпмæ нывнæлдта, туман дзы систа æмæ л]^м æй радта. , ’ Æз æхца æмбырд кæнын райдыдтон. Цалдæр мæйы размæ апы хъуыддаджы фарс чи радзырдта, уыдонæй иу дæр йæхи (^:есгæмæ кæ аласта. Дзæпс куысты нæ разынд. Командиров- ^■</ /1'ы ис, фæлæ, дам, æй ардæг/; хъæуы. Кæй фæзыядзæн, уый змæн дæр уырныдта, уымæн æмæ æнæуи районы изæрмæ куы яикуы фæци, уæд мыздисæн бон куыд хъуамæ ныллæууыда- ид! Фæстæмæ куы рацæйздæхтæи, уæд асинтыл сцæйхызт... — Æз та дæу агурыи,— цыма мæ цы хъуыддаджы 1ыххæй хъз’ыд, уый йын æхсызгондзииад æрхæсдзæн, уый хуызæн сдзырдтон æз. — Цы кæныс? — Габоцийы мадæн æхца æмбырд кæнын... Дзæпсы былтæ цыма исчи йæ уæлкъухæй бакъуырдта, уыйау фæци. — Нæ мæ уыныс, районæй ныртæккæ схæццæ дæн... Æхца райсын уал мæ бауадз,— цыма дзы кæмæндæр нæ, фæлæ мæхицæн, стæй туман нæ, фæлæ мин сомы агуырдтон, уыйау мыл сбустæ кодта Дзæпс. Адæмæй чи цы у, уый чысыл хъуыддаджы дæр рабæрæг Бæййы. Габоцийы хæрзтæ Дзæпс донæй дæр нæ бафиддзæн. Иу хъæуккæгтæ уыдысты æмæ йæ цæрæнбонты йæ фæдыл сыфцæй ласæгау фæкодта. Дзæпс хæстæй куы ралыгъд, уæд /æр Габопимæ цард. Кусынмпе бацæуьшмæ дæр ын уый фех- хуыс кодта, афтæмæй та йæ ахæм худинаггæнæджы фарс æрбалæууын ницæмæн хъуыд. Ныр æм ничи кæсы! Хъуыр- хъуырæй бæстæ куыд байдзаг кодта! Цалынмæ бухгалтерийæ цыд, уæдмæ йæм банхъæлмæ кастæн. Æрхатинаг æм ыал уыдтæн, фæлæ, зæгъын, цымæ йæ фæстаг ныхас цæуыл банцаид. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд мæм фæндзгай сомтæ дыууæ зыр-зыргæнгæ æрбалæвæрдта. — Айс, фæлæ йæ цыма æгæр ныддаргъ кодтам, афтæ мæм кæеы. — Ома? — Кæдмæ сæ æмбырд кæнынмæ хъавут? — Куыд кæдмæ? Куыд ныхасгонд уыдыстут? Æз дæр-ма йæ сымахæй куы базыдтон... — Нæ зонын, фæлæ цыма æгъгъæд у, афтæ мæм кæ^ы... Дардяæр лзурын мæ плл фæндыд. Цыма йыл тыхбегара уыд, уый хуызæк цытæ фæл^ътг/ы! Икчæтæй иу ныхас дæр нлкæмæй фехъуыгтот:. Тябс-т*тт, хг^рз^ысыл р^с^æг иъпц?*- ыæ чи кæ акуыста, уыдокæй ну дс?р йæ Фæлхасы хайыл фæстæмæ нæ фæхæцыд, цæхх æмæ кæрдзьпгкæимæбахордта, уый т^ бустæтыл гяæпыъ. гМз? хъярт теэдакторæн рако^ок.— —Ныккуыйты йæ уадзын хъæуы!—смæсты уьш.—Айфыц- цаг дæр, дам, йæ хъуыр-хъуыр цыд... Фæг’куыпт Батонмæ Фембæлдт-тотæм. — Сæхимæ куыыæ уа, уæд та? — батыхсæгау кодтон æз. 27
— Уæдæ кэем уыдзæн? Базæронд и, мæгуыр, æмæ хъæум нæ, фæлæ уынгмæ дæр куынæуал цæуы. Бате йын йæ хабæрттæ мæнæй хуыздæр зыдта. Габоцийь æрдхорд кæй уыд, канд уып тыххæй нæ. Йæ мад æмæ Хамбе’ чер хæстæджытæ æййæфтой æмæ-иу æй Бате арæх абæрæ кодта. — Фæстаг хатт-ма йæм кæд уыдтæ? — Æрæджы. Къуыри дæр ыл нæма цæуы, афтæ. Нæфæ- разгæ уыди. Хуысгæ йæ баййæфтон. — Уæдæ йæм чи кæсы? — Сæ сыхæгты чызг. Йæ цæрæнбон бирæ, ныййарæг мад- мæ зилæгау æм зилы. Æфснапы йæ. Дукани кæнæ йæ базарыл стыхсын нæ уадзы. < Габоцитæм æз дæр цалдæр хатты уыдтæн. Фæстаг хатт сæм мидæмæ ргал бацыдтæи. Габоци мæ ресторанмæ бахуыдта. Йæ рынчыны хæдразмæ. Йæхн æвзæр æнкъарын райдыдта æмæ уырыссаг арахъæй йæхи хъахъеодта. Искуы-иу хатт-ма-иу шампайпаг сæн бакызта. Уæд дæр æз арахъ нызтон, уый — шампайнаг. Дзæвгар рæстæг нал бапызта æмæ йыл уайтæккæ дæр фæбæрæг. Сæхимæ йæ ныххæицæ кæнык мæ зæрды уыди, фæлæ цæхгæрмæ уынджы сæрты ахпзины бæсты рахизырдæм азилыпмæ хъагдлд. Æз-иу æй мæхирдæм бæргæ рэцæйивæзтон, фæлæ, пæ уæз аст путæй фылтæр кæмæп уыд, ууыл куьщ хъуамæ фæтых уыдаин! Сæхпмæ ацæуыныл æп цы хуызы сразы кодтаиы, уый ыæ зыдтоп, фæлæ мæм æнæнхъæлæджы диссаджы хъуыды фæзынд æмæ йæ афарстон: — Ироп арахъ уæм нæй? — Куыннæ нæм ис! — фæцырд Габоцп.— Баназдзрлпæ? — Баназдзынæн. — -Цом-ма уæдæ нæхимæ,— сэмæ йæ уымæй размæ тыххæй кæцырдæм ивæзтон? уыцырдæм йæхæдæг араст. Уайтæккæ дæр сæхимæ ныххæццæ стæм. Цырæгътæ ахуыс- сыдысты. Зæронд ус схуыссыд, уый бæрæг уыд. Тыргътæм схызтыстæм. Пъолы фæйнæджытæ Габоцийы бын кæй фæта- сыдысты,*уый сæ уынæрæй бæрæг уыд. Аивæй дуар бахостон. — Тыхсгæ ма кæн,— ме уæхскыл банкъардтоп Габоцийы уæззау цонг,— зæронд ус нырма уазæг сбуц кæнынхъом у. Мидæгæй цыдæр уынæр ссыд. Чидæр дуар кæныцыл ар- хайдта. Æз Габоцийы фæстæ алæууыдтæн æмæ, дуарæй чи ракæсдзæн, уый хъахъæдтон. — Чи дæ? — райхъуысти Хамбечеры хъæлæс. — Æз дæн, дуар бакæн,— сдзырдта йæм Габоци. Дуар байгом æмæ цырагъы рухсмæ дзæбæх разынд Хамбе- черы цæсгом. Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, фæлæ лидзын- мæ фæдæн. Габоци æнхъæлдта, йæ фæстæ бахиздзынæн, зæгъ- гæ, æмæ уыцы ныфсджынæй мидæмæ бараст. Диссаг цы уыд, Æыккаг райсом уыдæттæй йæ зæрдыл нииыуал лæууыд. Афтæ- мæй нозтæн фидар уыд. Æвæццæгæн ыл уыцы заман низ стыхджын, уымæн æмæ уый фæстæ бирæ нал ацард. 28
...Батеимæ Габоциты кæртмæ бахызтыстæм. — Куыдз сæм нæй? — мæ алыфарс ахъахъæнгæйæ сдзырд- тон æз. ’ — Цæй куыдз сæм ис?! Тыргътæм схызтыстæм. Хамбечер нæ размæ фæци: — Мæнæ цы диссаджы уазджытæ! — йæ цъылын фæс- къуым авæрдта Хамбечер. Йæ раздарæны фæдджитæ ацагъта æмæ нæ размæ рауад.— Мидæмæ рацæут. Абондæргъы мæ маз фындзы рагъ дзæгъæлы нæ хордта. Цæй тыххæй æрбацыдыстæм, уый йæхæдæг куыииæ бам- бæрста, фæлæ йын æй Бате дæр бамбарын кодта. — Куы сæ ныууадзиккат, уæд хуыздæр уаид,— батыхсти Хамбечер.— Бате, дæумæ тынгдæр уæндын. Уыцы дзæбæх пдæмы хорздзинæдтæ бафидын мæнæн мæ бон нал бауыдзæн, стæй сын сæ мæ фæстæ чи бафиддзæн, ахæм адæймаг дæр нæй. Дæ Хуыцауы хатырæй, уыцы æфсæрмæй мæ фервæзын кæи. Хорз æгъдæуттæ мын фæлæвæрдтат. Ныр æгъгъæд фæуæд. Алчи йæхæдæг тыхст у, æз та-ма уын кæцырдыгæй æвзаринаг уыдтæы?! — Цытæ дзурыс, Хамбечер! Уыцы капеччытæ сæ койы аргъ дæр не сты,— сбустæгæнаэгау ыл кодта Бате. 1 — Сты, мæ хур, сты. Хуыцауы зæрдыл хорзæй фæлæуут. Хорз мын фæлæггад кодтат. Уæ фæллой куывдтæ æмæ чын- дзæхсæвты хæринаг фæуæд. Æхцаимæ-иу ыæм уæ мачиуал æрцæуæд. .Æнæуи — табуафси. Мæнæ ныртæккæ кæп фæзын> дыстут, уый дæр мын æхсызгон уыд. Лæппуйæн — Хамбечер Габоцийы гыццылæй ’куыд хуыдта, ныр дæр æй афтæ хоны,— дыууæ кæрдзыны акодтон æмæ йык рухсаг зæгъут. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Хамбечер, редакцийы кус- джытæ мыздисæн бон кæй фæзынынц, уый йæ зæрдыл ба- дардта æмæ алы хатт дæр се ’рцыдмæ фьшг æрцæттæ кæкы. Габоцийæн дыууæ кæрдзыны ныххæлар кæныныл та æнæсра- зы уæвгæ нæ уыд æмæ Батэ дыууæ нал загъта. * Хамбсчер фынг æвæрынмæ фсэци. Уæлибæхæй, ирон ара- хъæй, бæгæныйæ, халсарæй, дыргъæй — алцæмæй дæр æх- хæст фынг нæ цуры авæрдта. — Æрбадут, уæ хорзæхæй. Лæппуйæн цы нæ бантыст. уый сымахæн бантысæд. Бирæ уæ уарзта æмг? бирæ фæцæрут. Хæрзаудæн уыл кæнæд. Фылдæр ’уæ чи уарзы, уый фæндиаг фæцæрут. — Хамбечер, дæхæдæг сæ ныххæлар кæн,— æрхатыд æм Бате. ^ — Æз ын бирæ фæхæлар кодтон. Чи зоны, сымах ныхæ- стæ йæм тагъдлæр фæхæццæ уыдзысты, Батейы хъуыддæгтæ йæхимæ’ исын бахъуыд. Мæ сахатмæ æгæр æркæс-æркæс куы кодтон, уæд мæм Батейы зæрдæ фех- сайдта æмæ мæ афарста: — Игтуыдæм тагъд кæныс? — Нтткуыдæм. 29
— Дæ сахатмæ мæлæты арæх кæсыс. ,! Элинæ мæм фараст сæхатыл кæй дзурдзæн, уый кой йы ’ ис скодтон, фæлæ рагацау мæ зæрдæ ’хсайык райдыдта. ; — иыртæккс; бæркады сидт зæгъдзынæн аэмæ цæуæм,— - зæрдæ мын оавæрдча Бате. Хамбечер та ногæй арфæтæ кæнынмæ фæци. Æхца, дам-и мауал æрхæссут, зæгъгæ, яын фкдарæй бафæдзæхста. Лст сахаты дæр пæма уыд, афтæ рацыдыстæм. Батейы, трамвапы сбадын кодтоя, мæхæдæг фистæгæй араст дæн. Габо- ци пæ фæстæ бирæ цыргъ г.ыхæ^тæ ныууагъта, фæлæ Батейы; хъуыдымæ гæ-сгæ Хамбечер уыцырдæм кæдæр курдиатджын- дæр нæ уыд. Растдæр зæгъгæйæ та Габоци дæр йæ мадыл, сахуыр. Изæрсараой йæм фæхъуыстон æмæ, кæд æнкъард фын- джы уæлхъус бадтыстæм, уæддæр-иу дзы ахæм ныхæстæ сирзæзт, æмæ-иу сæм адæймаг æнæбахудгæ нæ фæци. Ногæй та Дзæпс мæ зæр лыл æрлæууыд. Чъынды æмæ тонагæнаг кæч у, уый раздæр дæр зыдтоп, фæлæ Габоцимæ йæ мæлæты фæстаэ ахæм цæстæй ракæсдзæп, уый æкхъæл нæ уыдтæк. Адæмæй уæд та фэфсæрмы уыдаид. Æтш йæхицæй чи нал фефсæрмы кæны, уымæ адæмьт æфсарм дæр нымад нал вæййы? \ . *м>-<^ Терчы къаххидмæ куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд мæ ком- коммæ æрбацæйцыд, институты фондз азы иу къорды кæи- зиæ фæцахуыр кодтон, уыцьт Еарикка. Куыддæр мæ ауыдтз, афтæ худып райдыдта. Ахуыр-ма куы кодтам, уæц йæ уæллаг а^фсæры рахизырдътгæй дыууæ дæкдаджы хауд уыдысты æмæ-иу сæ худгæйæ йæ армытъæпæнæй амбæрзаг уыдис. Фæс- тæдæр сæ быиаты сызгъæркн дæндæгтæ сæвæрдта, фæлæ йæ ормытъæпæнæй йæ рус æмбæрзын нал иыууагъта. Æмæ та мæ ксмкоммæ хугсгæ æрбацæйцыд. Иннæ хæттыты хуызæн та йын ныр дæр йæ худын салам дæттыны бæсты ацыд. — Мæнæ мын дæ уынд цы ’хсызгон у! — цыма йын æцæг- дæр исты хорзязинад æрхастон, уьтй хуызæн мыл ныццин кодта Варикка, — Мæнæн дæ уыпд куыд æхсызгон у, дæуæн мæ уынд уымæй æхсызгондæр у? — мидбылты худгæ йæ бафарстон æз дæр. * Варлккапы сызгтэæрин дæндæгтæ ферттывтой, фæлæ та сæ йæ къухæй æмбæхсынмæ фæци, Хæларæй цардыстæм илсти- туты. Йсэ кæстæр хо дæр немæ ахуыр кодта æмæ фыццаг бо- нæй фгэстæмæ балымæн стæм. Уыцы ахастцзичæдтæ но ’хсæн баззадысты инстптуты сЬæстæ дæр. Ахуыр куы фестæм, уæд 3?лриккайы кусынмæ арвыстон Теркæнфалемæ. Афæдг дæо дзы нæмэ ак\тыстгм афтæ уыцы хъæугкаг лæпиумæ чындзч аныд, фт-л^ рæстчæкдаг т:æ фæцп. Лæппу йæхæдæг дæр сæ > хæрзтæй ттæ разьтнд, бынтои днссаг та æфсин басгуыхт. Пы- быр иыхасæй. афæдз лæр сæ нæрын *тго бауагъта. Ахицæн ■ сттэт. Сæ дынджыр хæдзары йæ иу уэты пæрын г^ор тьт уагъ- . той. Йæ тæккæ тыхстæй куы уыди, уæд мæнмæ хъæстмæ 30
ссыди. Куыннæ йын хъуамæ баххуыс кодтаин! Цалдæр хатты хъæумæ ацыдтæн. Раст зæгъын хъæуы, фыццаг хатт мæ бал- цæй ницы рауад. Сæ чындзы хъасты фæдыл æрцыдтæн. уый йе ’фсин куы фехъуыста, уæд мæ мидæмæ дæр нæ бауагъта. Сæ дынджыр кулдуар мыл ратъæпп ласта, Бариккайы фæдыл чи ’рцыд, уый дæр уымæй хуыздæр нæу, зæгъгæ. Дыккаг хатт хъæусоветы сæрдары дæр мемæ ахуыдтон æмæ мын лæгимæ дæр æмæ æфсинимæ дæр аныхас кæныны фадат фæци. Цæвиттон, хъуыддæгтæ бæлвырд равзæрстон æмæ аххосджынты гагеты бафхæрдтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм срыстытæй йæ цард никуыма иичи сарæзта. Лæг йæхи адæмы цæсты цы бафтауа, уый йед- дæмæ дзы цыма ницы пайда ис, афтæ мæм каст уæд дæр, афтæ нымайыи ныртæккæ дæр. Вариккайæн мæ уыцы хъуы- дыгæ загътон: фæндыди мæ, йæхи куынæ койаг кодтаид, уый, фæлæ дзы уый бæрц маст бацыд, æмæ мæ коммæ нæ бакаст. Газеты æрмæг куы рацыд, уый фæстæ хъæуы бирæ нал фæци. Университеты библиотех^æмæ бацыд æмæ уым кусгæпæ баззад. — Исты хабæрттæ-ма мын радзур,— æрхатыди мæм Ва- рикка. ’ — Цавæр хабæрттæ? — Зæрдæ кæмæй барухс уа, ахæмтæ. Ныхас кæцырдæм квылы, уый бамбæрстон. Варлкка мыл куы амбæлы, уæд йсэ фьщцагдæр фæрстытæп иу ус курынимæ баст вæййы., Цыма хъуыддаг куы кæноп, уæд æй уый сусæ- гæй бакæндзынæн, уый хуызæн. — Æмæ уыдоя цавæртæ сты? — мæхи ницы ’мбарæг скод- тон. — Цыма йæ ыæ зоныс, уый хуызæн!.. — Ницы зоиын. — Кæннод та дыи цы зæгъон?! Иунæг ма дæ? — комком- мæ мæ бафарста Варикка.. — Иунæг. — Æвгъау дæ зæронд кæнынæн. Замманай дзæбæх чызг бæргæ ис, фæлæ...— Варикка йæ ныхас кæрснмæ нал фæци, афтæмæй цыдæр сагъæссаг хъуыдыты аныгъуылд. — Фæлæ цы? — Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ — Хуыцау йзэ зонæг.' Нæ фæлæ-ма йæ фен. Уды гагайы хуызæн чызг у. Афæдзæй йæ чысыл фылдæр йеддæмæ ахуыр кæиын нал хъæуы. Ибон йе ’мбал чындзы ацыд... Бате æмæ Джеуæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Нæ фæлае сæ, цы чызджы къам мæм æрбахастой, уымæн йæ мыггагæй дæр куыннæ бафарстон. Кæд, къамы цы чызг уыд æмæ Ва- рикка кæй кой кæньт, уыдон иу сты, уæд та?! — Нæ дæ фæнды? — бафарста та мæ Варикка. — Цы? — Еес фенын? — Æмæ йæ кæм фснон? 31
— Мæнмæ æрбацу æмæ дын æй æз фенын кæнцзынæн Арæх мæм æрбауайы. Тæхуды, куы йæ фенис... Æндæр исч йæм куы фæраздæр уа, уымæй тæрсын... Æвгъау у ауадзы иæн... — Уыцырдыгæп куы уон, уæд дæм бауайдзынæк. — Ды цалынмæ уыцырдыгæй уай, уæдмæ йæм æидæрыр, дыгæй цæуджытæ куы фæуа, уымæй тæрсын!.. Æрго?т дсургæйæ къамы хабæрттæ æмæ Варкккакмæ фем-* бæлд хуымæтсэджы бану уой, уый мæ нал уырныдта. Ноджы уыт],ы боп мæ^ы дыу\ы:1 фарæстæм нымæц кæй уыд, уый дæр мæ а?:-:ахуыр хъ^ыдьтты;: бафтыдта. Мæхæдæг фараст æмæ сс;?д-'№мы райгьфчтæл. Вæппуны фæстаг писмо фараст æмæ есæдзæмы раистам, уыцы чызгимæ баст хъуыддæгтæ дæр фа- раст æмæ еег-о г,зæмы стынг сты. Бариккайæ куы фæ:;ицæп дæн, уæд нæхимæ батагъд код- тоб. Бæд:: кслхсзы уы-,; æмæ мыы Элинæимæ сæрибарæй дзу- рыны фадат фæуыд;>æг. Ногæй та сагъæсы бацыдтæн. Телефо- нæй куы нпкуы фæдзуры, уæд мын цымæ афтæ æхсызгонæн цы фехъусып кæнынмæ хъавтл? Фараст сахатмæ-ма фынддæс микуты баззсд, нæхимæ куы ’рбахæццæ дæк, уæд. Мæ дзау- мæттæ аизто:<г æг.тгз дпваныл мæхк ауагътон. Райсомæй изæр- * мæ цы хьуыддæгты бахаудтæн, уыдон мæ цæстытыл ауады- сты. Æвæдза, мæхп æгæр æгуыдзæджы бынатмæ æруагътон. Хæстæг æмæ мык зокгæнæ цыдæриддæр ис, уыдонæй, хъуыд- даг кæй ыæ кæнып. ууыл чи иæ тыхсы, ахæм бирæ нæ ^азын- дзæи. Иу бон дæр мыл нæ аквгъуыйы, цалдæрæй мæ кæд не ’руромынц. Сс ’ппæты фарст дæр вæййы иу: «Хъуыддаг нæма бакодтай?» Се ’ппæты хъуыды дæр фæцæвы иу ранмæ: «Мау- ал бад!» Мæ хорздзкнацмæ чи бæллы, уыдонæй мыл чи нæ батыхсы, ахæм пæй. Цыма йæ мæхицæй хуыздæр зонынц, ус курын афон мык у æви иæу! Мæ хъуыдыты кæйдæр æмбисондмæ мæлæты хæстæг ба- цыдтæн. Иу лæг, дам, йæ усæй ахицæн æмæ дыккаг ус æрæг- мæ хаста. Афтæ æрæгмæ, æмæ йæ дыууæ фырты йæхицæй фæбæрзонддæр сты. Лæджы-иу, æвæццæгæн, мæн хуызæн арæх афарстой, хъуыддаг бакодта æви нæ, уымæй. Иуахæмы та йе ’мбалимæ фæпæйцыд æмæ йыл йæ зонгæ амбæлд æмæ та йæ’^ый дæр куы эфæрсит: — Ус лæма ракуырдтэй? Йе ’мбал фæраздæр æмæ йъш дзуапп куы авæрид: — Цæй ус-ма йæ хъæуы, кæ цот йæхицæй стырлæр куьг сты, уæд?! ■ Лæгæн уьптьт ныхæстæ фехъусьтн хуымæтæджы хъыг фæ- ци! Цыма, ныббярæн к^мæн кæй, ахæм æфхæрд æй бччынттæ- уыд, уыйау йс ’мбалмæ фæзылтт æмæ йыл бустæй талæууыд: — Ды йæ мæнæй хуыздæр зоныс, ус мæ хъæуы æчи нæ, уый?! Уыйау, ус курын афок мын у æви нæу, уый адæм мæхицæй хуыздæр зоиынц?.. 32
Дæсæм сахатæй фынддæс минуты рацыд, уæддæр дзæнгæ- >æджы хъæр нæма райхъуыст. Уæвгæ сахаты дæргъы æнхъæл- чæ кæсын хъæуы. Фæлæ мæн бирæ æнхъæлмæ кæсын нал ^ахъуыд. Куыддæр дæсæм сахат æмбис уыд, афтæ Элинæ даырдта. ! Мæ сагъæстæ дзæгъæлы уыдысты. Йæ писмойæн дзуапп ерæгмæ иста æмæ мæм йæ зæрдæ ’хсайдта. Дыууæ писмойы [æм арвыстон, уый йын куы загътон, уæд дис кодта, куыд ерæгмæ сæ исы, ууыл. Раст зæгъыи хъæуы, мæхимæ дæр щссаг каст. Æртæ-цыппар бонæй фылдæр хъуамæ ма бафæ- ;.тиат уыдаиккой, уыдоныл та фылдæр рацыд. Элинæ, адæймаджы зæрдæйыл чи сæмбæла, ахæм ныхæ- :тæ зæгъынмæ дæр æмæ ныффыссынмæ дæр мæнæй дæсны- ],æр у. Фондз минутмæ дзы цæйбæрц хъарм ныхæстæ фе- съуыстон- Мæ куыстмæ дæр мæм цалдæр хатты дзырдта, фæ- тæ мыл нæ фæхæст. Мæхæдæг æм кæй никуы ныдздзырдтон, уый мын мæ цæстмæ баяардта. Дæ мадæй æфсæрмы кæнын, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд мын бамбарын кодта, уым циссагæй кæй ницы ис æмæ кæдфæнды дæр мæ бон дзурын кæй у... Дыккаг бон Элинæйæ писмо райстон. Куыд рабæрæг, афтæ- мæй мае писмотæ дыууæ дæр уыцы иу бон ныххæццæ сты. Уыцы иу бон та ныххæццæ сты, писмотæй иу дыууæ боны, иннæ та æртæ боны нæхи горæты кæмдæр кæй фæлæууыд æмæ æппынфæстаг иу бон æрвыст кæй æрцыдысты, уый ах- хосæй. ’ Элинæйæ куы фæхицæн дæн, ууыл цас фылдæр рæстæг цыд, уыйбæрц æй тынгдæр мысыдтæн. Ноджы мыл йæхæдæг дæр æнувыдæй-æнувыддæр кодта. Хъырымы нæ иумæйаг хуы- мы цы нæмгуытæ ныххауд, уыдон цъæх æвзартæ суагътой æмæ сæм зилæг куынæ фæуыдаид, уæд тæссаг уыд, куы ба- хус уыцаиккой, уымæй. Чызг æмæ лæппу кæрæдзийæ куы фæхицæн вæййынц, уæд сæ уарзондзинад ахуыссы, зæгъгæ, чи загъта, уый, мæнмæ гæсгæ, рæдигæ кодта. Элинæйы цас фылдæр рæстæг нæ уыдтон, уыйбæрц æй тынгдæр мысыдтæн, йемæ фембæлынмæ тынгдæр тырныдтон. Хъырымы иу иннæ- мæц зæгъын цы нæ бафæрæзта, уый кæрæдзийæн зæгъынмæ нæ ныфс хæссын райдыдтам æмæ сын дарддæрмæ æргъæвæн нал уыдис. Хъуамæ не ’нкъарæнтæ кæрæдзийы раз кæронмæ райхæлдтаиккам. Кæннод... Мæн фæнды Элинæйы уынын, йæ хъæлæс ьш хъусын, йæ æнæхин цæстытæм ын кæсын. Куыд бамбæрстои. афтæмæй Элинæ йæхæдæг дæр ахæм хъуы- дыйыл хæст уыд. Фембæлын нæ кæй хъуыц, ууыл ныхас дæр нæ уыд. Фæлæ кæд? Цалынмæ сæрд ралæууыдаид æмæ отпус- чы апыдаин, уæдмæ æнхъæлмæ кæсын мæ бон нæ уыд- Стæй кæм? Нæхимæ, Ленинградьг æви æндæр искуы? Элинæимæ уыцы хъуыддагыл ныхас кæнынмæ мæ ныфс нæма хастон. Хæссын та æнæмæнг хъуыд. Варикка, зонгæ дæр кæй нæма кодтон, уыцы чызджы æндæр исчи куы ахæс- 3 Мах дуг № 1 33
са, уымæй куы тарст, уæд, мæ зæрдæйы ахæм стыр бынат кæмæн разынд, стæй мын мæхимæ дæр æцæгæлон цæстæй чи нæ каст, уыцы Элинæйæн куьшнæ хъуамæ тарстаин? Иу ден- джызонæй аирвæзт, уый ницæуыл дзырдта. Æндæр денджы- зон куы фæзындаид, уæд та? Уæвгæ æз цы Элинæйы базыд- тон, ууыл мæ зæрдæ дардтон. Кæд мæ цыфæнды дард уыд, уæддæр ыл æууæидыдтæн. Гадзрахатæй мыл рацæуа, уый мæ нæ уырныдта. III. Дзæпсы усы фыд амард. Иумæ фæкуыстам æмæ мын йæ фæдыл бенæцæугæ цы хос уыд! Редакцийы дуармæ æрæмбырд стæм. Проспектмæ хæстæг цардысты æмæ дыууадæс сахатыл араст стæм. Чысыл адæм сæм æрцыд. Йæхæдæг дæр, дам, никуыдæм цыд, зæгъгæ, адæм хъус-хъус дзырдтой. Фæлёе Дзæпсы фæдыл куыд ничи ’рцыд, æз та ууыл дис кодтон. Куы йæм хъуыстаис, уæд, æгъдау цы зианы нæ радтаид, ахæм ын куынæ уыд. Уæвгæ фылдæр хицæутты фæдыл цыди. Стыр бынæтты чи куыста, уыдонæн-иу сæ кæры-кæройнаджы фæ- дыл дæр араст, фæлæ хицæуттæ, æгъдау сын чи лæвæрдта, уыдоны сæ зæрдыл дараг нæ уыдысты. Сæхицæй ныллæгдæр бынæттæ чи ахста, уыдон сæ цыма хæсджын уыдысты, афтæ сæм каст. Дзæпсы каисмæ дæр дзы уымæн ничи æрбацыд. Уæлмæрдтæй Гадзубаитимæ раздæхтыстæм. Хъæвдын — кадыл мард лæг — æнкъардæй здæхти фæстæмæ. Дзæпсы каи- сы мардыл, мыййаг, нæ рысти йæ зæрдæ. Ирон лæджы зианмæ афтæ гыццыл мæрддзыгой кæй æрцыди, уый йын тынг хъыг уыди. Иудзæвгар æнæдзургæйæ фæцæуыны фæстæ йæ мид- сагъæс раргом кодта: — Адæймагæн йæ мард афтæ куы саслам вæййы, уæд æй раздæр мæлын фæхъæуы. Куы ничи йын ницы дзуапп радта, уæд-ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уæдæ-ма-иу, æз куы амæлон, уæд æрбацæут, кæддæра дзы цас адæм уаид! Ничи та, ницы сдзырдта. Æз ныхас мæхимæ айстон: — Хъæвдын, цалынмæ ды мæлай, уæдмæ махæй иу дæр æгас нал уыдзæн, фæлтау, дæ фæдыл цæйбæрц адæм ра- цæудзæн, стæй дын цы кад скæндзысты, уый æндæр исты хуызы равдис. Хъæвдыны цæстытæ ферттывтой, йæ бæрзæй цы сырх уыд, уымæй ноджы фæсырхдæр æмæ мæм мæстыхуызæй æрбакаст. Æрмæст йæ мæсты хуыз æвдисын бирæ рæстæг нæ бафæрæз- та: Куыд бамбæрстон, афтæмæй йын æхсызгон уыд, бирæ фæ- цæрын æнхъæл ын кæй дæн, уый æмæ фæстагмæ йæ худын нал баурæдта: 34
— Æнæмæлæт дæм цæмæн кæсын? — Æнæмæлæт мæм нæ кæсыс, фæлæ не ’ппæтæй дæр фылдæр фæцæрдзынæ. Хъæвдыны цæсгом та фæтызмæгхуыз. Иуцасдæр æнæдзур- гæйæ фæцыд, стæй йыл цыма, цæрæнбонты цы низтæй хъæр- зыдта, уыдон иумæ æруæз кодтой, уый хуызæн рынчын, æнæ- бон хъæлæсæй сдзырдта: — Иу иннæйы рис не ’мбары, æндæр æз иу æхсæв цы хъи- зæмæрттæ бавзарыы, уый Хуыцау мæ цыфыддæр знагæн дæр ма бавзарын кæнæд. Бате ницы дзырдта, фæлæ Хъæвдыны кыхæстæ куы фе- хъуыста, уæд йæхиуыл хæцын нал бафæрæзта: — Цы та кодтай? Хъæвдьш æм йæ цæстыты урсытæй бакаст. Бате йæ йенæ- алхыскъгæнгæ нæ кыууадздзæн, уып æмбæрста æмæ рагацау пæхи фæ^ызын кодта. — Дæ лæдзæг дæр куынæуал хæссыс,— фæфæлмæндæр Батейы зæрдæ. Хъæвдын йæхи рагацау тохмæ æрцæттæ кодта, фæлæ Бате йæхиуыл куы фæхæцыд, уæд уый дæр фæлмæндæр ныхæстæ агурынмæ фæци. Æрæджиау йæхицæн дзурæгау загъта: — Бирæгъæн, дам, сæгъы мехъ худын у. Лæдзæг куы рай- сын, уæд дæр уæ зæрдæмæ нæ фæцæуы. Хъæвдын иузаман æцæгдæр къуылых цæуын райдыдта. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ хæстон хъæдгæмттæй иу байгом æмæ лæдзæг уый тыххæй райста. Бате йæ мæстæй марын райдыдта, дæ кæцы къах риссы, уымæй, дам, дохтырты уæддæр бафæрс, кæннод, дам, райсомæй сихормæ-иу къахæй фæцудыс, уырдыгæй изæрмæ та — иннæмæй. Ацы цыппæрæм уæладзыг диссаг сты. Кæрæдзийы амæ- стæймарын йеддæмæ сын мацы ратт. Уыимæ, фидисмæ никуы рахизынц. Гуымиры ныхас дæр сæм кадджын нæу. Худын æмæ хъазын уарзынц, стæй уыцы дыууæ хъуыддагмæ арæхс- гæ дæр кæнынц. Хъæвдыны къуылыхы хабарæй дæр сæхицæн циндзинад сарæзтой. Мæнмæ гæсгæ йын йæ лæдзæг дæр уыдон аппарык кодтой. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Хъæвдыны йæ сæр хъæугæ дæр ницæмæн кодта, фæлæ йæ кæм райста, уым. æй йæ сæрмæ хуымæтæцжы ныууадзын нал хаста æмæ йыл алы æмбисæндтæ мысыдысты. Иу хатт йе ’мкусджытæй чидæр сæ хæдзары цурæй редакцимæ йæ фæдыл фæцыди, æмæ, дам, налынмæ стыр уынгмæ æрбахæццæ, уæдмæ йæ лæдзæг йæ дæлармы фæхаста, стæй, дам, къуылых дæр нæ цыди, фæлæ йæ куыстмæ куы фæзылд æмæ йыл зонгæтæй исчи амбæл- дзæн, уымæй куы фæтарст, уæд лæдзæгыл æрæнцой кодта æмæ, дам, къуылых-къуылых араст. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдæттæ йæм иууылдæр бахæццæ сты æмæ йæ лæдзæг хæс- сын ныууагъта. «Ферох» дзы, къуылых кæй уыд, уый дæр. Бате йын лæдзæджы кой хуымæтæджы нæ ракодта. Цыппæрæм уæладзыджы кусын куы райдыдтвн, уæд-иу 35
заманы Хъæвдынимæ иу уаты бадт фæдæн. Кусгæ фæйнæ,* хайæдты кодтам, фæлæ мæнæн мæ уат цалцæг кодтой æмæ иу мæйы бæрц Хъæвдынмæ уазæгуаты уыдтæн. Уыцы рæстæг« йемæ бæлвырддæр базонгæ дæн. Хъуыды-ма йæ кæнын, дзул куы скадавар, уыцы рæстæг. Уæвгæ махмæ та кадавар цынæ уыди æмæ цынæ у?! Æхсай цыппæрæм азы цыма уыд, афтæ мæм кæсы. Фæсарæнты хор æлхæиыы дæр, æнхъæлдæи, уæд байдыдтам. Нæ зæххытæн ныккæнæн нæй, нæ тъæпæнтæ хуымгæнæг хуым кæнын нæ фæразы, афтæмæй адæмæы дзул ьал фаг кодта. Урс дзул бынтондæр фесæфт, сау дзул дæр цæимæдæрты æмхæццæ кодтой æмæ адæм хурхæй мардысты. Уæлдайдæр, йæ ахсæн хъыгдард кæмæн уыд, уыдон. Æз Хъæв- дыны йæ ахсæнæй хъæрзгæ никуы фехъуысток, фæлæ йæ бинонтæн йæхи сбуц кодта æмæ йын æвзаргæ ссадæй сæхимæ Урс дзул фыцын райдыдтой. Алы бон дæр-иу йæ сихор йемæ æрбахаста. Мæн йемæ æрбадын никуы .бафæндыд æмæ-иу си- хорæй мæхи исты æфсонæй раздæр расайдтои. Гъе æмæ уыцы мæй Хъæвдыны, йемæ мæнæй бирæ фылдæр чи фæкуыста, уыдонæй æвзæрдæр нæ базыдтон. Ома æвзæрæй йæм исты раиртæстон, уый зæгъинаг нæ дæн, фæлæ йæм бирæ гæдывад митæ уыди. Гыццыл исты-иу дзы куы рысти, уæддæр-иу æд- дæг-уæлæ нал хæцыд. Цыма райсоммæ нал ахæсдзæн, йæхи- иу афтæ дардта. Ахæм заман-иу æй хъуамæ исчи æмбæрста- ид, тæригъæд ын кодтаид, аудыдтаид ыл. Йæ бинойнаджы дæр ын уæд базыдтон. Раздæр телефо- нæй — бонсауизæрмæ кæрæдзимæ дзурыны куыст кодтой — уый фæстæ та — лæгæй-лæгмæ. Хорз адæймаг мæм фæкаст. Хæрзæгъдау ирон сылгоймаг уыд. Кæрдзындæттон—цалдæр хатты сæм уазæгуаты бафтыдтæн æмæ мæ æнæ хорз фенгæ никуы рауагъта. Райсомæй-иу кусыы куы райдыдтам, уæд-иу фыццаг теле- фоны дзæнгæрæг Хъæвдынтæй уыд. Хъуамæ-иу раздæр йæ бинойнаг æрбадзырдтаид. Хъæвдын-иу цыма дзæнгæрæджы хъæр хъусгæ дæр нæ фæкодта, йæхи-иу афтæ дардта. Дыууæ дзæнгæрæджы фæстæ-иу дарддæр æнхъæлмæ кæсæн нал уыд æмæ-иу æй цыма йæ куыст ныууадзын нæ фæндыд, уыйау- иу йæхинымæр бахъуыр-хъуыр кодта æмæ-иу хæтæл æнæбары систа. Фæлмаст хъæлæсæй-иу лæвæрдта фыццаг дзуæппытæ. Кæимæ-иу дзырдта, уый ныхæстæй-иу йæ зæрдæмæ исты куы- нæ фæцыд, уæд-иу йæ мæллæг, низæфхæрд хъæлæс ахæм богъмæ рахызт æмæ-иу фыццаг рæстæджы æз суанг хæрдмæ дæр фæхаудтæн. Ахæм заман-иу фылдæр хæттыты ныхас æр- дæгыл аскъуыд. Хæтæл-иу æртъæпп ласта æмæ-иу цыма æз уым дæр нæ уыдтæн, уый хуызæн-иу дарддæр йæ куыст код- та. Бирæ рæстæг-иу нæма рацыд, афтæ та-иу æм ногæй æрба- дзырдтой. Уый дæр — сæхицæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ-иу бам- б&рстон, ныхасгæнæг та йæ бинойнаг кæй у. Цæуыл-иу дзырд- той? Ницытæ æмæ мацытыл... Афтæ бонсауизæрмæ. Æхсæз- гай-æвдгай хæттыты. 3*
Хъæвдын йæ бинойнаджы афтæ сахуыр кодта, æмæ-иу æм, цы рæстæджы æнхъæлмæ каст, уыцы рæстæгыл куынæ ’рба- дзырдта, уæд-иу ын цыдæр нал фаг кодта. Тыхсти-иу, йæ куыст-иу дарддæр нал цыд. Йæ сæрæн-иу куы ницыуал хос зыдта, уæд-иу телефонæй йæхи дзурын бахъуыд. Фале-иу хæ- тæл куы систой, уæд-иу уыцы æрдæгмард хъæлæсæй бафар- ста: — Æппындæр дæ нал хъæуын æви?.. Иу хатт та, сихормæ æввахс уыдаид, афтæ Хъæвдыны агу- рæг мыхуыргæиæг æрбауад, фæлæ йæ не ’рбаййæфта. Йæ фыс- ты йын цыдæр не ’взæрста æмæ, дам, æй афæрсон. Уыцы рæстæг телефон ныдздзинг кодта. Мыхуыргæнæг æй фелвæста æмæ йæм дзы сылгоймаджы хъæлæс куы райхъуыст, уæд йемæ иыхæстæ кæныныл фæци: — Нагки дæ? Æгас цу! Нагки! Цы хабæрттæ и? Хъæвдын дæ хъæуы? Æддæмæ ауади. Ныртæккæ ’рбацæудзæн. Сихор- мæ йæ хоныс? Цытæ йын æрцæттæ кодтай, цытæ? Уæлибæх- тæ, зæгъыс? Карчы фыд? Æмæ уæд мах нæ хоныс? Бузныг, бузкыг! Æндæр хатт. Цæй уæдæ, Нагки. Хорз, хорз. Зæгъ- дзынæн ын! —æмæ хæтæл æрæвæрдта. Уæдмæ Хъæвдын дæр фæзынд æмæ йын мыхуыргæнæг куы аппæлид: — Дæ бонæй у, уæлибæхтæ æмæ карчы фыд кæмæ ’нхъæл- мæ кæсы! — Цавæр карчы фыды кой кæныс? — йæ кæсæнцæстыты сæрты йæм бакаст Хъæвдык. — Ныртæккæ дæм уæхицæй дзырдтой. Нагки дын уæли- бæхтæ æмæ карчы фыд æрцæттæ кодта. ■ — Дæ фыны исты федтай æви? — Хъæвдын^1 зæрдæ уæ- либæхтæ æмæ карчы фыды коймæ дзæвгар фæфæлмæндæр. — Цæмæн федтон мæ фыны? Уæхимæ-ма бадзур, æмæ Наг- кийы афæрс. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй мыхуыргæнæг Хъæв- дыны усимæ нæ ныхас кодта, фæлæ нæ нымайæгимæ. Хъæв- дын æмæ мыхуыргæнæг йæ фыст æвзарынмæ машбюромæ ацыдысты. Уый, æвæццæгæн, нымайæг федта æмæ мах уатмæ æрбазгъордта: — Лы дæр ам уыдтæ? — Кæд? — Мыхуыргæнæгимæ уæлибæхты тыххæй куы ныхас код тон, уæя? — Æмæ уый исты ды уыдтæ? — 0. — Æцæг? — Æрмæст мæ ма схъæр кæн,— æмæ фæстæмæ фæли- дзæг. Уæдмæ Хъæвдык дæр æрбаздæхт. Цыма æппындæр ницы уыд, уый хуызæн фæстæмæ йæ фыссинагыл æрбадт. Иуцас- 37
дæр куы рацыд, уæд æнæбарыгомау телефоны зиллакк æр- гылдта. — Дзырдтай мæм? Цы? Чысыл раздæр. Хæйрæджытæ стут æви цы? Нæ мыхуыргæнæг. Ныртæккæ. Уæуу мæнæ диссæгтæ! Мауал дзур. Ницыуал мæ хъæуы!..—æмæ хæтæлы , дзыгъал-мыгъул ссыд. Хъуыддæгтæ бынтон ныссуйтæ сты. Нагки йæ сæрæн ни- цы зыдта. Хъæвдын та йæм мæстæй тъæппытæ хауд. Уæндгæ дæр нал кодта, фæлæ ма йæм уэеддæр-иу хатт æрба- дзырдта. Ницæуыл та бафидыдтой. Мыхуыргæнæгимæ сæ теле- фонæй дæр адзурын кодта, æрмæст уый хъуыддаджы фæ- бæлвырддæрæн ницы феххуыс. Мыхуыргæнæг къахсæттæгау ныллæууыд, Нагкиимæ ныхас кодтон, зæгъгæ, Нагкийæн та, мæгуыр, иу æвдисæндар дæр нæ уыд æмæ мыхуыргæнæгæй йæ лæджы астæу дывыдон арты сыгъди. Хуыздæр уавæры нæ уыд нымайæг дæр. Цьц хъазты бацыд, уый йæм хорз нал каст, фæлæ дзы куыдæй фервæзтаид, уымæн ницыуал зыдта. Афоныл йæхи нæ раргом кодта æмæ йæ уатæй æддæмæ ра- кæсын нал уæндыд. Йæ уавæр ын æмбæрстон æмæ йæм бауадтæн. — Базыдтой мæ? — къуызгæ хъæлæсæй сдзырдта ны- майæг. — Ничи дæ базыдта! — Курын дæ,— йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акæн- гæйæ сдзырдта нымайæг,— ма мæ сардау, Хъзевдын мæ цæрын нал ныууадздзæн... — Дæ кой дзы нæй, æнцад дæ бынаты бад. Сихорыл Хъæвдын сæхимæ ацыд, фæлæ фæстæмæ нал фæ- зынд. Цы баисты, уымæн ницыуал базыдтон. Хъæвдыны ба- фæрсын та уæндгæ нал бакодтон... Дзæпсы каистæм нал баздæхтыстæм. Хъæвдынты цурмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд æм Бате къахæджы каст бакæнгæйæ ’ сдзырдта: — Мидæмæ нæ бацæуыдзыстæм, Хъæвдын... — Æмæ куы бацæуат,-. уæд мæ цæмæй тæрсын кæнут, исты сымах хуызæн мæ мæгуыры хъиутæ хæрын? Уыцы ныхæстæ йын иударон хæцæнгарзы хуызæн уы- дысты. Кæм хъуыдысты æмæ кæм нæ хъуыдысты, уым дæр- иу сæ фæцъипп ласта æмæ-иу сæ æвзидын райдыдта. Фæлæ йын Дзæпсы каисы зианæй цæугæйæ сæ бынаты загъд æрцы- дысты. Цалынмæ сæ цурмæ хæццæ кодтам, уавддоæ йæхины- мæр фидарæй скарста мах мидæмæ бахонын. Сæ ракомкоммæ нæ фæидагыл/ æрлæууыд æмæ хъæддыхæй загъта: — Дæлæ кæнат, уæлæ кæнат, мидæмæ уын æнæцæугæ нæй! Ныхас Бате ракъахта æмæ йæм цыма фæсмон æрцыд, афтæ мæм фæкаст. Ома, Хъæвдынæн фæмæгуыр уæвынæй нæ тарст. Сонт-монты фондз лæджы хæдзармæ б’ахонын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Истæуыл куы батыхсой, уымæй стъæлфт, 3«
æвæццæгæн. Фæлæ уыдæттыл хъуыды кæнынæн байрæджы. Хъæвдыны бауромын дыууæ Батейы бон дæр кæй налбауы- даид, уый бамбæрста æмæ* не ’ппæты разæй ацыд. ’ ,• Нагки сæхимæ нæ разынд. Дыккаг къуылымпы та сæ къæ- сæргæрон ныйистæм. — Кæдæм нæ хоныс, мидæгæй дзы куы ничи ис, уæд?! — сбустæ йыл ’ кодта Бате. — Ахизут, хæдзар никæдæм алыгъд,— йæ хъуыдыйыл фидар лæууыд Хъæвдын. ’ Хæдзар уыцы хорзæфснайдæй баййæфтам. Хъæвдын йæ фыццаг усæй раджы ахицæн. Йæ дыууæ чызджы чындзы ацыдысты, цот дæр-ма сын фæзынди. Дыккаг ус’ куы ’рхаста, ууыл фынддæс азæй фылдæр рацыд, фæлæ сын цот нæ уыд. Хъæвдын йæ дзаумæттæ аивта, йæ дыстæ батылдта: æмæ къæбицы зилæнтæ систа. Иу заман уазалгæнæны цур æрлæу- уыд æмæ сæрыстырхуызæй Батемæ дзуры: — Ды дæ гæдыйы цæмæй бафсадай, уый дæр дæм нæй, фæлæ-ма ардæм ракæс,— æмæ уазалгæнæны дуар байтыгъта. Æппæты фыццаг дзы/ мæ цæст æрхæцыд кусæрттаджы къабазыл. Бате дæр Хъæвдыны хуызæн пысылмон уыд. Уайтагъддæр бамбæрста, дзидза хуыйы фыд кæй у, æмæ дын æваст куы фæхъæр кæнид: — Æллæх, Хъæвдын, уый дьш йуынæ федтаин! Хъæвдын æцæгæй дæр хъуахъдзыхæй аззад. Цы рæдыд ыл æрцыд, уый ма бæргæ фембæрста, фæлæ байрæджы. Æд- де кæддæриддæр йæхи сыгъдæг пысылмон хуыдта, адæмы цур хуыйы фыдæй никуы сахуыста, былысчъилтæ йыл-иу кодта, ныр йæ къæбицы тæккæ рæбинагдæр къуы- мы хуыйы къабаз разынди. Æргом дзургæйæ, махæй Батейы кыхæстæ, ничи бамбæрста, цалынмæ йæ хъуыды æргомдæрæй бамбарын кодта, уæдмæ: — Уыцы джауыры фыд дæ хæдзармæ куыд æрбауагъ- тай?! Уазджытæ иннæтæ иууылдæр чырыстæттæ разындысты, фæлæ дыууæ пысылмоны кæрæцзийы цæсты бафтыдысты. Хъæцдын уæддæр йæхи састы бынатæй ракæныныл бацар- хавдга: — Не ’фсин куы ’рбацæуа, уæд ын æз бацамондзьшæн! Уыцы ныхæстæ ницыуал сахапьтдтой. Нагки йæ лæгимæ фыццаг аз, мыййаг, куынæ царди. Уæдæ цы диныл хæст у, уый дæр зыдта. Хуыйы фыд мæ хæцзармæ макуы æрбахæсс, зæгъгæ, йын æрмæст иу хатт куы загътаид, уæддæр ьтн фаг уыд, фæлæ, æвæццæгæн, Хъæвдынæй æддё цытæ дзырдтой — хуыйы фыд хæры, зæгъгæ, бирæ.хæттыты фехъуыстон,— уы- дон раст уыдысты. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, дзидзатæ-йеддæ фыцынмæ нæ фæлæууыдыстæм, фæлæ нæ æнæуи хорз федта. Хъæвдьтн, ирон адæм, кадыл мард у, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаг уыд. Йæхи кæрдзындæттон æмæ рæдауæй равдисы- 39
нæй хуыздæр æм ницы каст; Цæмæй кæрдзындæттон æмæ рæдау уай, уымæн та æрмæст зæрдæйы хорзæх фаг нæу. Хъуамæ-ма дæ дзыпп дæр амона. Æмæ йæ дзыпп дзагæй æвдисыныл дæр архайдта. Йæ уыцы лæмæгъдзинад ын Ба- тейæ хуыздæр ничи зыдта æмæ-иу æй хаттæй-хатт æдзæттæ- йæ æрцахста. Хъæвдыныл-иу, æхца йæм куынæ уыд, ахæм бонтæ дæр акодта. Уый та иу хатт æви дыууæ хатты йеддæмæ нæ уыди. Хъæвдын йæ рæдыд сраст кодта æмæ йæ Бате æнæхцайæ никуыуал æрцахста. Æхцайы. тыххæй-иу ныхас куы рацыд, уæд-иу Хъæвдын йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ-иу дзы дæсгай кæнæ фæндзгай туманты гуцъула фелвæста. Уый тыххæй та Бате ахæм тауыс ауагъта, дæ сыхæгты æх- цатæ, дам, æрæмбырд кæныс, махмæ сæ равдисыс, стæй та сын сæ фæстæмæ байуарыс. Хъæвдын-иу йæ мидбылты ба- худт, дæ ныхæстыл дын ничи баууæнддзæн, зæгъгæ, æмæ-иу йæхимæ гæсгæ, чи йæм-иу хъуыста, уыдоны цæсты цы бæр- зондмæ схызт, уырдыгæй дæлæмæ дзæвгар рæстæг нал æр- хьгзт. Йæ цытуарзондзинад ын иууылдæр зыдтой æмæ-иу сын фадат кæм фæци, уым æй барæвдауыныл нæ ауæрстой. Бирæ хæттыты-иу сæ Хъæвдын æмбаргæ кодта, фæлæ сæ нæ хъыг- дардта, никуы дзы никæй ныхмæ сыстад, уымæн æмæ йын хуымæтæджы фæлмæн дзыхы ныхас дæр йæ тыхтыл æфтыд- та, сывæллоны хуызæн ын циндзинад хаста, сырæзыд-иу. Йæ зæрдæ балхæныны тыххæй-иу мысыныл дæр нæ ауæр- стой. Иу хатт та газеты ноц номырыл ныхас кодтам — ахæм æмбырдтæ-иу нæм алы бон дæр уыдис — хъуамæ-иу æхсæвы радгæс газеты тыххæй йæ хъуыдытæ загътаид — æмæ дзурын райдыдта æрмæджыты хæрзхъæддзинадыл. Сæрмагонд æргом аздæхта; Хъæвдыны хайадæй чи рацыд, стæй, комкоммæ Хъæвдын кæй бакуыста, уыцы уацхъуыдмæ. Æмæ дзы хуы- мæтæджы æппæлдтытæ фæкодта! Радгæс барæй нæ загъта уацхъуыд ныффыссæджы мыггаг дæр, стæй кæцы хайадæй рацыд, уый дæр. Мах хъуыддаг æмбæрстам æмæ аивæй Хъæвдынмæ кастыстæм. Уый цьтма Чырыстийы цъуппыл февзæрд, уый хуызæн йæ сæр бæрзоид систа æмæ йæхи дардта, цыма цы ныхæстæ хъусы, уыдонæй иу дæр уымæ нæ хауьт. Æрмæст цæмæдæр гæсгæ йæ цæсгом, йæ хъустæ æмæ йæ^бæрзæй сырхгæнгæ цыдысты. .Радгæс уацхъуыдæй æгæр куы æппæлыд, уæд редактор спымыдис — æвæццæгæн, æрмэбг мыху&гры рацæуыны агъом- мæ нæ каст æмæ йæ афарста: — Чи йæ ныффыста? Кæцы хайадæй рацыд? Мах иууылдæр уыцы уысммæ æнхъæлмæ кастытæм æмæ редакторы ныхæстæ куы айхъуыстам, уæд нæ каст Хъæвдын- мæ скодтам. Уый кæд нæ цуры бадт, уæддæр йæ хъуыдытæ бгйрзæидты тахтысты. Махæй иуы дæр нал уыдта. Зæххыл нæ, фæлæ дун-дунейыл амондджындæр цы бæстæ уыд, уым балæууыд. Худти йæ цæсгомы алы нуар дæр, зарыдысты йæ 40
тУ1\ДаДзйн$&, н&каёртæ кайдтой йæ цæстытæ. Ноджы редак- торы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд зæххæй фæхицæи æмæ йæ дымгæ йæ рог базыртыл хæхтæ æмæ быдырты сæрты фæцæйхаста. — Хъæвдыны хайадæй! — дзуапп радта радгæс. Уыцы дзуапп Хъæвдыкы бынтоыдæр зæдты фарсмæ. авæрд- та. Советон хайад куы загътаид, уæд дæр æм нæ фæхæрам уыдаид, уымæн æмæ рæстдзинадыл комдзог нæ рацыдаид, фæлæ, йæхæдæг разамынд кæмæи дæтты, уыцы хайад ын йæ номæй кæй рахуыдтой, уымæй йæ^ уæларвон фестын код- той, адæймаджы кад цæйбæрц сисæн ис, уъ1мæй йæ ноджы бæрзонддæр ран авæрдтой. Ахæм замантæ дæр-иу скодта, æмæ-иу чидæртæ арæны сæрты куы ахызтысты. Уæвгæ, æз цы хабар радзурыкмæ хъавын, уым дæр арæны сæрты ахизынæй ницы уыди. Уæд та нæм кæцæйдæр хуын æрбацыди. Æрбацыди, зæгъгæ, нæм хæдзары хицæуттæ телефонæй æрбадзырдтой, исчи уæ ма- шинæйыл рацæуæд æмæ хуын аласут, зæгъгæ. Телефснæй кæмæ ’рбадзырдтой, уый кæд редакцийы куыста, уæддæр æй ничи уарзта, æмæ йемæ нарты куывды бадынæй дæр сæхи .хызтой. Фыццаджыдæр, сæ уæнгæл кæмæй уыдтой, хуьш хъуамæ уый къухмæ ма бахаудаид. Дыккаджы та йæ бадтмæ дæр бауадзын нæ хъуыд. Лæгшутæ рæвдз фæлæууыдыстьт, машинæйы абадтысты æмæ хуын æрбахæццæ кодтой. Æр- мæст редакцимæ нæ — уæд се ’нæуынон æмкусæгæй нæ фæ- хицæн уыдаиккой — комкоммæ Батетæм. Уырдыгæй-ма Хъæв- дынмæ бæргæ дзырдтой, фæлæ йæ нал ссардтой. Ууыл цал боны рацыдаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ та лæппуты зæр- дæ хъазын æрцагуырдта æмæ Хъæвдынмæ Хъанцауы куы барвитиккой, хуъшы хицæуттæ сæ тæбæгъ æмæ иинæ дзау- мæттæ агурынц æмæ сын сæ афтидæй куыд арвитæм, зæгъгæ. Хъанцау афтид тæбæгъ дæр йемæ бахаста æмæ Хъæвдыны раз мæгуыргуры лæуд æркодта. Лæг йæ куыст ныууагъта æмæ йæм йæ кæсæнцæстыты сæрты ракаст. Хъанцау куы ницы дзырдта, уæд æй Хъæвдын бафарста: — Цы зæгъыс? Хъанцау йæ худыи тыххæй уромгæйæ райдыдта: — Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, фæлæ ацы тæбæгъ афти- дæй куыд арвитæм? — Кæй тæбæгъ у? — Айфыццаг нын хуын чи ’рбарвыста, уыдоны. — Æтæ йын цы дæ зæрды ис? — Афтидæй сын æй куы арвитæм, уæд æнæхъæк рсдак- цийæ дæр фæхудииаг уыдзыстæм. — Ау, сæ хуын сын сусæгæй куы хордтат, уæд худинаг куынæ уьтди! Стæй йæ кæвдæсæрдтау сымах куы смарзтат, уæд ын æгъдау дæттын та мæнæн кæнут? Хъанцау хабæрттæ дзургæйæ артæндихтæ кодта. Мæ ху- дын, дам, кæй баурæдтон, уый, дам, мæ фервæзын кодта, 41
æндæр,* дам, мæ раны уыдаин.. Ууыл бирæ рæстæг рацыд/ уæддæр-ма-иу .Хъæвдьш диссагæн дзурæгау хуыны хабар ра- кодта, дзаджджын фынгыл, дам, уыдон фæбадтысты, æгъ-- девуттæ та, дам, мæнæй домдтой. , Цыфæядыйæ дæр цыппæрæм уæладзыг мæ зæрдæмæ хæс- тæг у. Æргом дзургæйæ, мæ( зæрдæ ныртæккæ дæр уыдонимæ ис. Сæ иу хъуыддагæй дæр мæхи иуфарс нæма) аластон, стæй мæ сæхæдæг дæр иæ рох кæнынц. Кæрæдзийы циныл цин кæнæм, кæрæдзийы рисæй риссæм. Дзæпсы , каисы зианмæ дæр уыдоны æфсæрмæй ацыдтæн. Дзæпсæн мæ йæхицæй ни- цы æфсæрм уыд. Йæ каисимæ та зонгæдæр нæ уыдтæн. Æз æй зыдтон — чидæр мын æй кæддæр бацамыдта — уый мæ кæ’ зыдта. Азтæ йыл уыйас нæ цыд, фæлæ афонæй раздæр ныххæррæгъ. Нозт æй базæронд кодта. Уыцы æнæзылдæй-иу уыкгты фæцæйцыд. Дзæпс æндæр искæй ахæм уавæры, куы уыдтаид, уæд ыл худтаид, фаутæ йыл æвæрдтаид. , Хъæвдынтæй куы рацыдыстæм, уæд мæ фæндаг редакци- йыл ракодтон. Ц^ппæрæм уæладзыджы-ма куы куыстон, уæд мæм мæ куыстмæ цæуъшæй хуыздæр ницы каст. Иуæй, куыст мæ зæрдæмæ цыд, иннæмæй — кусджытæ. Ног бы- натмæ куы раивтон, ууыл афæдзмæ æввахс рацыд, уæддæр æм зæрдæйæ нæма фæхæстæгдæр дæн. Галиу митæ чи кодта, гадзраяатæй мыл чи цыд, уыдон кæй нал уыдтон, • уымæй мын бирæ нæ фенцондæр. Фыццагау мæч куыстмæ цыдтæн зивæггæыгæ. Зивæг кусынмæ нæ кодтон. Цы адæмы æхсæн- мæ цыдтæн, уырдæм мæ м^ къах нæ хаста. Стыр газеты фæстæ мæ цæсты гыццыл нæ ахадыдта. Фæсивæды газеты редр.кторæй цæуои æви ма цæуон, зæгъгæ, кæй фарстон, уы* докæй мын иу афтæ загъта, домбайы къæдзил уæвыны бæ- сты, дам, гæдыйы сæр уæвын хуыздæр у. Уыцы ныхæстæ мæм уæд дæр тынг нæ бахъардтой, фæстæдæр та сыл æп- . лыадæр нал æууæндыдтæн, уымæн æмæ сæртæ дæр æмæ къæдзилтæ дæр алыхуызæттæ сты. Ахæм къæдзилтæ ис, æмæ сæр йæ цуры ницы у, стæй мæ фыццаг куысты ^мæхи къæдзилы бынаты не ’нкъардтон, кæдæм рацыдтæн, , уым мæхк сæрыл куыд нæ нымадтон, афтæ. Сæйрагдæр сæртæ æмга къæдзилтæ не сты. Зæрдæ кæм нæ уа, уым сæр дæр сагъæссаг, къæдзил дæр азимаг. Уарзондзинад цы хъуыд- даджьт нæ уа, уым райговд, уæвæн ницæмæй ис. Алцыдæр афоныл фидауы. Иыститут каст куы фæдæн, Чэд мæ зæрды фæсивæды газеты кусын уыд, фæлæ мæ’ йæ ре/тктор нæ райста. Чи зоны, уыцы рæстæджы ардæм куы ’рбахаудаин, уæд мæм æкдæрхуызон хъуыдытæ уыдаид. Уал азы бакусыны фæстæ, цы адæмимæ куыстаин, уыдонмæ’ æк- дæр здæстæй кастаин. Ныр та? Уал æмæ уал азы мæ цырагъ кæм фæсыгъд, рухс мæм уырлыгæй æрттывта, хъарм мæм уырдыгæй калд, æз та дзы. мæхи дард раластон. Фæстагмæ кусып кæимæ райдыдтон, уыдон мын куыд æцæгæлон уыды- сты,* æвæццæгæн, сын афтæ æцæгæлон уыдтæн æз дæр. Мæ- 42
хицæй æфсæрмы куынæ кодтаин, адæм цы загътаиккой,— чи загътаид, нæ сарæхсти, чи — фæтарсти, чи — цы,1— уымæй куынæ стъæлфыдаин, уæ,ц фæстæмæ мæхи куыстмæ ацыдаин овмæ ницæмæи фæрæдыдаин. Фæрæдыдаин зæгъык, фæлæ уымæй мæ рæдыд сраст кбдтаин. -Фæскомцæдисы обкомы фыццаг секретарймйё дæр ньгхас кодтон. Кæд мæ хъуыды æргомæй нæ загътон, уæддæр мæ бамбæрста æмæ мын зæрдæтæ æвæрынмæ фæци: — Дыууæ азы бафæраз, стæй партион скъоламæ ацæу- дзыпæ.ь. : ,! Уыцы хъуыддагыл мæхæдæг дæр хъуылы кодтон. Мæ размæ чи куыста, уыдонæй партион скъоламæ чи нæ ацыд, ахæм бирæ нæ баззад. Мæн ахуыры мæт уыйас нæ уыд. Зæр- даецъæх дзы уыдтæн. Институты фæстаг фæлварæн куы рад~ тон, уæд мæхинымæр фидарæй загътон, цалынмйе цæрон, уæдмæ фæлварæнтæ дæттын кæм хъæуа, ахæм ранмæ хæстæг никуыуал бацæудзынæн, зæгъгæ. 'Курдиаты хъæстæ кæмæ нæй, уыцы ахуыргæнджытæ мæ æрцæуын кодтой ахæм хъуыдымæ. Сæхимæ цы кадав^р зонындзинæдтæ уыдис, уыдонæй стырдæр кад ницæмæы кодтой. Ды цы зоныс, уый сæм нымады нæ уыд. Дæ бон цы у, æрдз дын цы хай ракод- та, уыцы курдиат фатхъулæй уæлдæр скæсын нæ уагътой* Уый та адæймаджы уæнг мардта, зоныгдзавд æй кодта. Лæ- джы æнæбондзинад-иу æппæты тыилдæр рабæрæг фелварæн- ты рæстæг, паддзах æмæ æххуырстытæ кæм уыдис, иу кæй- дæр хъуыды сæрбæрзондæй кæм дзырдта, иннæмæн та йæхрг хъуыды^ зæгъыны бар дæр кæм кæ уыди, уыцы фелварæнты рæстæг. Фаэлварæнтæ кæм уа, ахæм хъуыддаджы бацæуыны хъодыгоцдау уымæн уыдтæн. ’ — Æви дæ нæ фæнды? — куы ницы дзуапп ын радтон, уæд мæ бафарста фыццаг секретарь. Мæскуымæ ацæуын, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæр нæ уыди. Кæйдæр зæгъдау. адæмы дæр федтаин, мæхи дæр^- сæм равдыстаин. Мæхи равдисыны мæт мæ уыйас нæ уыди, адæмы фенынмæ куыд бæллыдтæн. Чи цас федта, уыйас зо- ны, зæгъгæ, дзæгъæлы иæ фæзæгъынц. Ноджы мын чидæртæ мæ зæрдæ балхæдта, скъолайы, дам, æнцон ахуыргæнæн У. — Дыууæ азы, зæгъыс? — дзуапп раттыны бæсты йæ ны- хасы фыццаг хаймæ рахызтæн. —■ Уæдæ? Уымæй къаддæр’бакусынæн цæсгом дæр хъæуы. Ничи нæ бамбардзæк. * ■ — Омæ бафæлвардзынæн дыууæ азы бакусыныл... *— Нæ дæ ’мбарын, цæмæй тыхсыс тынгдæр? Дæ кусджы- тæй кæимæдæрты ныхас кодтон æмæ дæ куы ницæмæй хъаст кæнынц. — Æмæ мæ цæмæи хъуамæ хъаст кæной? — Уæдæ? Дæхæдæг сæ хъаст кæныс?' — Ницы сæ хъаст кæнын. Фæсивæдимæ кусынмæ мын ферæджы. .^
— Дæхицæй зæронд лæг куы сарæзтай!—Мæнæй дыууæ азы хистæр йеддæмæ-ма дæ? — Æмæ мæ дæхиимæ цы барыс? Ды фæсивæдимæ кусуьщ сывæллоыæй фæстæмæ райдыдтай, æз та цыппæрдæс æмæ ссæдзаздзыдæй. — Дыууæ азы бакус æмæ дæ скъоламæ арвитдзыстæм. Фæсмок кæ фæкæнцзынæ. Чи дзы ахуыр кодта, уыдоны-ма бафæрс, кæддæра дзы æндæрхуызон хъуыды искæмæ ис. Мæн куы ауадзиккой, уæд тæккæ райсом дæр ацæуин. — Цæуыннæ дæ уадзынц? — Мæн ,дæр-ма дыууæ азы кусый кæнынц. — Афтæмæй мæ æцæг дыууæ азы фæстæ дæр куынæ ауадзой, уæд та? ^ — Уæд кæйдæр чызджы бадт кæндзынæ. — Цавæр чызджы? — Æмбисонд нæ зоныс? — Нæ-а. — Иу хæдзармæ, дам, уазджытæ æрбацæуинаг уыдис. Фысымтæ сæ чызгмæ дзурынц, дæ сæр ныхс, кæннод нæм уазджытæ æрбацæуинаг у, æмæ дæ афтæмæй куы ’рбаййа- фой, уæд фæхудинаг уыдзынæ, зæгъгæ. Уæд сын чызг афтæ, куынæ, дам, æрбацæуой, уæд, дам, æдылыйы хуызæн æхсад сæримæ баддзынæн? Уыйау — ды дæр куодзынæ. — Æцæг зæгъын, æцæг? — Арвитын дæ кæндзыстæм, ма тæрс. Стыр обкомы нæм ныхас уыди. ) — Кæимæ? — Уый дæ ницæмæн хъæуы... IV — Фарн ацы хæдзары! — мæ кусæн уаты дуар байтын- дчгæйæ сдзырдта Дзæпс. Цæмгедæр гæсгæ мæ дуары уынæр дæр нæ райхъуыст æмæ æвиппайды хъæрæй дзурынæй хæрдмæ фæхаудтæн. Ноджы мын æрбацæуæджы уыкд дæр хъыг уыд, фæлæ мын мæ ми- дуавæр æмбæхсын хъуыд æмæ йыл æз дæр йæхи хуызæн иударон ныхæстæй бацин коцтон. Нæ ахастдзинæдтæн чи тгицы зоны, уый Дзæпсы иыхæстæм куы байхъуыстаид, уæд заптаид, ацы дыууæ адæкмагæн иу хæдон дæр уæрæх у, з^гъгæ. Цыма не ’хсæн зул дзыхы иыхас дæр никуы рауад, йæхп уый хуызæк дардта. Цыдæр та йæ хъæуы, йæ мæл- п-æвзаг дзæгъæлы нæ ауагъта. >— Дæ мады æфсымæры лæппу колхозы сæрдарæй кусын ракдыдта, уый зоныс? Æя æй куы зонон, уæд уым диссагæй ницы ис, фæлæ цымæ Дзæпсмæ та куыд тагъд бахæццæ, сæрдарæй йæ куы ■Г4
равзæрстой, ууыл цалдæр боны йеддæмæ куынæма цæуы? — Нæ фæлæ йæ ды цæмæй базыдтай? — Куыд цæмæй? Хъæууон хæдзарады хайады нал кусын? Обкомы оюройы йæ куы фидар кодтой, уæд уым уыдтæн. — Æмæ мын æй ныронг цæуыннæ загътай? — цыма мæ йæ зæгъын æхсызгон хъуыд, уый хуызæн æй бафарстон æз дæр. Хетæджы фыд æмæ мæ мад дыууæ æфсымæры цот уыды- сты. Хетæджы институт каст фæуыны фæстæ кусынмæ ар- выстой Балджыны хъæумæ æмæ дзы кусгæйæ баззад. Фæстаг рæстæджы онг дзы сæйраг агрономæй куыста. Æртæ мæйы размæ колхозы сæрдары систой æмæ йын йæ бæсты Хетæ- джы сæвæрдтой. Къуырийы размæ та йæ обкомы бюройы сфи- дар кодтой. Фæстæмæ цæугæйæ мæныл йæ фæндаг ракодта æмæ йын йæ хабæрттæ.афтæмæй базыдтон. — Нæ йæ зыдтои, дæ мады ’рвад у, уый. — Уæдæ дын æй ныр чи загъта? — Разынд ахæм адæмтæ, фæлæ сæйраг. уый нæу. Зам- манай пъæмидортæ, дам, сæм ис... Кæмæй цы ратонæн ис, уыдоны куыд бæлвырд хынцы, уый диссаг нæу! Цыфæнды куы фæуа, уæддæр мæ ницкг, фендзæн. Иунæг фырт йеддæмæ сын даринаг дæр ницы ис, афтæмæй сæ цымæ цастæ хъæуы?! Йæ фарчы хай кæцæй нæ ратондзæн, ахæм ын нæй. Ныр та йæ балджинаг пъæмидортæ бахъуыд... — Пъæмидортæ, зæгъыс? — 0. — Ницы фехъуыстон, раст зæгъгæйæ. — Æз сæ хъусгæ нæ фæкодтон, фæлæ сæ мæхæдæг зо- нын. Раздæры сæрдар ма дзы куы уаид, уæд бæргæ... Дзæпс йæ дзурынæй фенцад. Иуцасдæр рудзынгмæ джи- хæй кæсгæйæ аззад, стæй æрæджиау фæсмонгæнæгау сдзырд- та: — Заммаыай лæджы дзæгъæлы систой!.. Ацы лæппуимæ та никуы сæмбæлдтæн. Ныдздзур ма йæм æмæ йемæ баныхас кæн... Æппæт редакцийы фаг куы нæ уа, уæддæр кæд нæ дыууæйæн фæйнæ асыччы рафыссид... — Бирæ рæстæг нæма кусы æмæ мæм æваст курæг цæу- ын аив нæ кæсы... — Цæй, псчи дын, мыййаг, куынæ у! Ныдздзур æм æмæ йæм æз ныууайдзынæн. Райсом уыиырдæм цæуын æмæ мæ фæнддг ууылты ракæнин... Нæ мæ фæндыд Дзæпсы мæ номæй æрвитын. Зыдтон æй, кугæр куы бацыдаид, уæд иу асыччы ыомыл фæстæмæ кæй пæ раздæхтаид. Стæй «рафыссæд» зæгъы, фæлæ, капекк дæр йæ дзыппæй нæ систаид, афтæмæй æнæхъæн машинæйы дзаг раластаид. Уыимæ йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтаид. Афтæ иу æмæ дыууæ хатты куынæ бакодта, мыййаг. Кæдæм ацæ- уы, уым редакцийы цæсты æфтауы. Йæхæдæг йæхи æдзэрсго- 45
мæй кæй æвдисы, ууыл сыгъд ссæуæд/фæлæ сæйрагдæр адæм сты, чи йæм кæсы, уыдон редакцийы æппæт кусджыты дæр ахæмтæ фæхонынц. Фарон-ма нæ сыхаг газеты редакцийы кусæджы йæ куы- стæй дæр фæцæйисын кодта. Сæ редакторы хæдивæг — уый дæр Балджыны хъæуы уыди — хъуыддаджы фæдыл уыцы колхозмæ бафтыд. Хабар быдыры æрцыди. Адæм сæ тæккæ харбыз æфснайгæйæ уыдысты. Редакторы хæдивæг бригадир- имæ куы дзырдта, уæд йæ хъустыл ауад зæхкусджыты ны- хас. Куыд бамбæрста, афтæмæй кодтой редакцийы кусджыты фыдгой. Æвæццæгæн та, дам, уыдон дæр харбызтæ æмæ кæрчытæ ласынмæ æрцыдыстьь Цавæр харбызтæ æмæ кæр- чыты кой кæнут, зæгьгæ, сæ бафарста редакторы хæдивæг. Уыдон ын радзырдтой, знон дæр, дам, уæ кусджытæ ам уы- дысты æмæ, дам, цалдæр килограммы харбызтæ рафыстой, ласгæ та, дам, рсг машинæйы дзаг акодтой. Стæй, дам, æр- мæст харбызтæ нæ, фæлæ кæрчытæ дæр. Редакторы хæдивæг фырæфсæрмæй цы фæуыдаид. уый иал зыдта. Куыддæр редакцимæ схæццæ, афтæ кусджыты æрæмбырд кодта æмæ, уымæй размæ бон команировкæйы чи уыд, уыцы лæппуйы йæ куыстæй исыны онг æрцыдысты. Уый, мæгуыр, йæхи раст кæныныл архайдта, фæлæ, махæй дæу йеддæмæ знон командировкæйы ничи уыд, зæгъгæ, иу- уылдæр уымæ ныккомкоммæ сты. Æрæджиау кæмæдæр сы- хæгты—ома мах редакцийы кусджыты—афæрсыны зонд æрцыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй харбызтæ дæр æмæ кæрчы- тæ дæр раласта Дзæпс. Æрмæст уый тыххæй æмбырд аразын иуы зæрды дæр не ’рæфтыд. Куыстæй сисынæн та дзы йæ кой дæр нæ уыди... Дзæпсмæ ахæм цæстæй ракæсдзынæн, уый æнхъæл нæ уыдис, æндæр уый мæкмæ цыди?! Зæгъгæ ншвд коцта, фæлæ йын мæ дзуапп хъыг уыди. Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæйг аздæхти. Йæ ацыдыл бирæ нæма рацыд, афтæ мæм телефо- нæй редактор æрдзырдта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй сæм Дзæпсимæ ныхас уыд Хетæджы тыххæй, фæлæ ацы дыкджыр фæраздæр. Телефонæы ньтхас кæнын мæм аив нæ фæкаст æмæ мæхæдæг цыппæрæм уæладзыгмæ схызтæн. — Дзæпс дæр-ма дзы йæхи кæй фæтъыста! — мæстыхуы- зæй загъта редактор.— Нæ кусджытæ тыхсынц, пъæмидор кæм самал кæнæм, зæгъгæ, æмæ Хетæг мæ зæрдыл æрлæу- уыд. Дзæпс мын афтæ зæгъы, дæ мадыфсымæ^), дам, у. Дзæпсимæ нæм цы ныхæстæ рауад, уыдон ын радзырдтон æмæ йæм нодлсы тынгдæр смæсты. Фæстаг рæстæг цыма сæ дзырд кæрæдзиуыл нал бады, афтæ мæм фæкаст. Æмæ мын, æргом дзургæйæ, æхсызгон уыд, Дзæпсршæ хорз цæрын, æр- мæстдæр æвзæр адæймаджы бон кæй у. -»- Уымæй раст зæгъы, фæлæ нæхи хъæуы куы баны- хас кæнон, уæд æвзæрдæр уыцзæн? — Кæд дæ цæсгом хъæцы, уæд махæн , цы уæлдай у?Г 46
— Уæдæ-ма кæмæ хъуамæ хъæца?! — Нæ| зонын, фарон дæр уырдыгæй сластам æмæ, зæгъ- ын, кæд зивæг кæныс... — Ме ’рдхорды ды дæр куы зоныс. Темырхъаны... — Кæддæр нæм фысгæ дæр куы кодта... — 0, о. Мæлæты хорз æй æрымысыдтæ... Уый дзы брига- дирæй кусы’ æмæ йæм æз изæры телефонæй ныдздзурдзынæн æмæ баныхас кæндзыстæм. Машинæ уæм ис? — Ссардзыстæм. — Кæдмæ? — Кæдмæ зæгъат, уæдмæ. Цалынмæ рæстæг хорз у, уæд- мæ куы ацæуиккам... Нæхæдæг сæ æртониккам, æрмæст нын фысгæ ракæнæнт. — Хуыцаубонмæ йын зæгъдзьшæн. - | — Тынг хорз уыдзæн. Темырхъанмæ ныдздзырдтон æмæ хуыцаубоны ацæуыны тыххæй баныхас кодтам. Нæхи кусджытæн дæр загътон, фæлæ дзы никæй бафæндьгд. Редактор гыццыл автобус æмæ уæзласæн машинæ баххуырста æмæ æз дæр уыдонимæ ацыд- тæн. Темырхъан нæ, цалдæр боны кæй нал æртыдтой, ахæм хуыммæ бахуыдта. Пъæмидор тонын сын уыйас куынæ бан- тыса, уæддæр та кæрæдзийæн нымæтын ехсæй фаг кæй фæуы- дзысты, уый Хъæвдыны ныхæстæм гæсгæ бамбæрстон. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ кусæн дарæс семæ рахастой æмæ сæ быдыры аивтой. Мæ раздæры æмкусджытыл мæ цæст « куы ахастон, уæд мæм дзы иу дæр йæхи хуызæн нал фæкаст, Чъылдымыздæхт мæм дзы чи уыди, уыдонæй иуы дæр нал базыдтон. Адæймаджы дарæс афтæ кæй фенцæрхуызон кодта, уый мæ дисы бафтыдта. Æппæты диссагдæр та мæм фæкаст Хъанцау. Ног дзаума дæр кæуыл иæ фидыдта, уый йæ сæ- рыл ахæм зæронд, æнцъылдтæ æмæ уæрæххъус худ ныккод- та, æмæ йæм æнæхудгæйæ бакæсын тынг зын уыд, Фыццаг- дæр æм фæкомкоммæ Хъæвдын: — Уый та дыы цавæр худ у? Хъанцау æй’нæ фехъуыста æмæ йæм Хъæвдын ноджы хъæрдæрæй сдзырдта: — Гъей, Хъанцау? Хт^анцау æм фездæхт æмæ йæ роцъо хæрдмæ фелвасгæйæ сдзырдта: — Цы кæныс? — Уый дын, зæгъын, цавæр худ у? — Куыд цавæр? Дæ худæй æвзæрдæр у? — Уæллæй, мæнæн мæ бæхыл дæр уымæй хуыздæр худ вæййы!.. Адæм Хъанцауы ’рдæм аздæхтысты. Чи йæ нæма федта, уыдон ын йæ худмæ куы бакастысты, уæд худæгæй бакъæ- цæл сты. Зын раиртасæн уыд, Хъæвдыны ныхæстыл тынгдæр худтысты æви Хъанцауы худыл, уый, фæлæ сын банцайыны 47
хъомыс нал уыд. Æргом дзургæйæ, Хъанцау йæхицæй цир- чы клоуны æнгæс тынгдæр уыди, фæлæ йыл Хъæвдын дæр дзæбæх цырв ауагъта. Бæх æмæ уæрæхчъилджьЫ худ кæрæ- дзимæ куыд ницы бар дардтой, афтæ ницы бар дардтой Хъанцау æмæ йæ худ дæр. Стæй чбæхыл дзылар бакæнæн ис, ис ыл кæлмæрзæн бабæттæн, гæнæн æмæ амал куынæуал уа, уæд ыл дынджыр хъусджын худ дæр æрсадздзынæ, фæлæ уæрæхчъилджын худ — ницы хуызы. Гъе æмæ уыцы «ни- цы хуызы»-йы тыххæй адæмы худтæн бауромæн нал уыд. Хъæвдын йæхицæй зазхæссæны бандонау ныббуц. Йæ цæсгом иууылдæр худынæнгæс уыд, фæлæ йын йæ хæдæфсармдзи- на,д æргом худыны бар нæ лæвæрдта æмæ, цалынмæ адæм æрсабыр сты, уæдмæ йæ былтæ æлхъывдæй фæдардта. Уарзта стыр ныхæстæ Хъæвдын. Иннæтæй йæхи баёрзонд- дæр рацдисыны фадат ын-иу кæм/ фæцис, уым-иу йæхиуыл никуы бацауæрста. Хъанцауимæ сын кæрæдзийы ныхасæй рæхойынæй бафсæдæн иæй. Чи куыд арæхсы, афтæ гуыпп кæныныл нæ ауæрды. Куы-иу дзы иу фæуæлахиз, куы — иннæ. Кæддæр Хъæвдын ног костюм балхæдта. Фыццаг бон æй куы скодта, уæд æй Хъанцау, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ- бафиппайгæ нæ фæци. Йæ зæрдæмæ фæцыди, уымæн æмæ хорз костюм уыд. Хъанцау, цалыимæ Хъæвдыиæн йæ костюм ног у, уый йын зæгъын кодта, уæдмæ йæ нæ ныууагъта. Хъанцауы дæр æндæр ницы хъуыд. Ног нæу, зæгъгæ, йæ къуыммæ бахаста. • — Дзыхъыниог у,— йæ удæй бацыд Хъæвдын.— Мæиæ йæ этикеткæ дæр иырма мæ дзыппы ис.— Æмæ йæм æй рав- дыста. — Чидæр дæ асайдта! Ахæм костюмтæ мæнæн мæ цæ- хæрадоны цас и, уый зоныс? Сæ цæхæрадæттæ æцæгæйдæр фæрсæй-фæрстæм уыдысты æмæ æппынæдзух кæрæдзийы фаудтой. Иу дæр-иу загъта хæмпгелы бын дын фæцис, иннæ дæр. — Дæ цæхæрадоны цы ис, уый æз бæргæ хорз зонын. — Чи нæ йæ зæгъа? — Хъæддаг хуытæ, æндæр цы?! — Æмæ дæ æз дæ цæхæрадоны уынгæ дæр куынæ кæ- 7-ып, уæд æй цæмæй зоныс? — Æмæ мæ куыд уынай, хæмпæлы бынæй дæхæдæг дæр куыкзэуал фæзыныс, уæд? Ахæм тохтæ дыууæ лæджы æхсæн алы бои нæ, фæлæ бон цалдæр хатты дæр рауайы. Уыимæ сын уæлдай нæу: фæн- ды дыууæйæ уæнт, фæнды адæмы раз. Æрмæст иъæмидор тонгæйæ кæрæдзимæ дæрддзæф æрлæууыдысты. Хъанцау кусыны лæг нæу. Йæхицæн зын скæныны бæсты йæ хæдзар дæс.азы дæр æнæ пъæмидорæй ныууадздзæн. Хуымы тæккæ рæбын æрлæууыд æмæ адæмæн сæ дыгай асыччытæ фæцæй- 48
дзаг кодтой, уымæн га фыццаг дæр йæ бын нæма бамбæрз- та. Иу заман Хъæвдын ныззарыд: Бæтæйы фыстæ — далыстæ! Хъæвдынæн цыма йæ риссаг къах фæцагайдæуыд, уый хуызæн Хъанцау æй куыд фехъуса, афтæ хъæрæй загъта: — Байхъусут æм, хорз адæм, ахæм диссæгтæ дунейыл. пикуыма æрцыди! Адæмæн сæ далыстæ фыстæ кæнынц, Хъанцауæн та йæ фыстæй далыстæ рауад!.. Хъанцау рувасы хуызæн йæ цыргъ былтæ дыууæрдæм радав-бадав систа. Йæ цæстытæ хинæйдзаг æрттывд кодтой. Хур арвыл иуцасдæр суади. Сихорыл - уæм зындзынæн, зæгъгæ, мын Темырхъан зæрдæ бавæрдта æмæ тыхсын рай- дыдтои. Редакцийы кусджытыл мæ цæст ахастон æмæ, раст зæгъын хъæуы, катайы бацыдтæн, утæппæт адæм фаг рæв- дыд куынæ ’рцæуой, зæгъгæ. Уæвгæ Темырхъаныл мæ зæр- дæ дардтон. Цавæрфæнды уазджытимæ-иу æм куы бацыд- тæн, уæддæр иу дзы фæстæмæ райгоыдæй раздæхтыстæм. Куы ’рцыдыстæм, уæд дæр мын загъта, мацæуыл тыхс, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ ’хсайдта. Пъæмидортæ тыдтон, мæ хъуыдытæ та Темырхъанимæ уыдысты. Лæппуты кæсаг ахсынмæ дæр арвыста æмæ цы бауыдаиккой, Хуыцау йæ зоиæг. Исты куы ’рцахсиккой, уæд æвзæр бæргæ нæ уаид. Йæ кой афтæ дардмæ кæмæн ай- хъуыст, нæ уыцы балер кæсагæй, бирæ азты кæимæ фæкуы- стон, уыцы адæм куы фæхъæстæ уыдаиккой, уый мæ тынг фæкдыд. Нæ хъæуы ахæм лæппутæ ис, кæсаг ахсынмæ тынг дæсны чи у. Балер фылдæр хызæй ахсынц, фæлæ хыз зын арæн куы уыди, кæсаг та нырæй бирæ арæхдæр, уæд æй къухæй ахстой. Куы зæгъын, ахæм дæсны ахсджытæ нæм уыдис, æмæ-иу иу байбынæй цонджы фæтасæнмæ дæргъæн кæсæгтæ цалдæр сæппæрстой. Ныртæккæ дæр хъæуы цалдæр ахæм лæппуйы ис, ноджы иууылдæр Темырхъаны æрдхæрд- тæ’ сты. Мæ сагъæстæй мæ Гадзуба иуцасдæр фервæзын кодта. Цæмæдæр гæсгæ йæхи мæ цурмæ æрбайста æмæ ныхæстыл фестæм. Æмæ кæдæмыты нæ ахæццæ стæм! Суанг-ма мын Ефсы обауы хабæрттæ дæр радзырдта. Манголы æфсæдтæ Теркмæ аланты хæстæг куынæуал уагътой, уæды рæстæджы цаутæ мын ракодта. Алантæ, дам, ефсы Теркмæ цæуын со- хуыр кодтой. Йæ фарсыл-иу ын хордзентæ æрцауыгътой æмæ-иу сын алы æхсæв дæр цалдæр хатты дон хаста. Ца- лынмæ йæ манголтæ нæ бафиппайдтой, уæдмæ сæ ирвæзын кодта. Фæлæ йыл иу æхсæв æрбабсн æмæ йæ знæгтæ афтæ- мæй федтой. Рагъмæ цæугæ йæ ^ æрдæгфæыдагыл амардтой. Алантæ йæ уым баныгæдтой. Йæ ингæнмæ йын уый бæрц сыджыт фæхастой æмæ дзы обау рауад. Уыцы обау, дам, 71ыртæккæ дæр Æрджынарæджы дардмæ зыны. Хонгæ та йæ скодтой «Ефсы обау». 4 Мах дуг № 1 49
— Цæмæй Дæ бафæрсынмæ фæхъавын, уый зоныс? — æрхатыдтон Гадзубамæ. — Дæ хорзæхæй. — Ходы райгуырдтæ, уый зоиын, стæй цъæййаг хæрæ’ фырг дæ, уый дæр мын айфыццаг дзырдтай æмæ нæ фыдæл- тæй’ ходоп лымæн æмæ цъæййаг каисы тыххæй цавæр ны- хас баззад? Гадзуба йæ мидбылты бахудт. — Уый дæрдтыл дзурикаг у. — Чи нæ мын æй радзура... — Дæумæ куыд кæсы, ахæм фыдæлтыккон таурæгъ нæу. Æо еэк мæ. фыдыфыдæй фехъуыстон. Уый та, цы адæмы кой дын ракæнцзынæн, уыдоны йæхæдæг зыдта. Ходон лымæн æмæ мæ цъæййаг каисæй, фæрсыс, æмæ-иу мæ фыдыфыд аф- тæ загъта: «Ходон лымæн æмæ дын цъæййаг каис нæ уадзын, мæ кæстæр, æмæ истæмæйты цæрдзынæ!» Кæцæй рацыдысты уыцы кыхæстæ? Цæвиттон, нæ хæхбæсты царди зындгонд цуакон Сæхуыг. Уыдис ын бирæ бинонтæ. Æрмæст йæ сывæллæтты нымæц хæццæ кодтэ, дыууацæсмæ. Зын дарæн уыдысты утæппæт цот æвадат рæтты. Амæлттæ кодта Сæхуыг. Сырды фыдæй цух нæ уагъта йæ бинонты. Иу хатт та цуаны ацыди. Уый размæ кæм никуьг уыд, ахæм ранмæ бафтыд æмæ сæмбæлд сыкъаджын домбайыл*. йæ фэт æм фæдардта æмæ йæ фех- ста. Сырд æрфæлдæхт, уæдæ цы уыцаид. Йæ цурмæ лæф- лæфгæнгæ бахæццæ, фæлæ дзы æндæр лæджы куы баййафкд. Куытт рабæрæг, афтæмæй йæ уый дæр фехста. Дыууæ лæгæн хъаугъа бацайдагъ. Иу дæр, мæ фат æй æрфæлдæхта, зæгъ- гæ, загъта, иннæ дæр. Сæ ныхас кæрæдзиуыл куынæ бадт, уæц сырдыл фæйиæрдæм ахæцыдысты æмæ йæ дыууæ дихы фæкодтой. Сæхуыг дыууæ хайы дæр йæхицæп райсынмæ хъавыд, фæлæ пннæ легг ууыл нæ разы кодта. — Мæнæн дыууадæс сывæллоны даринаг ис æмæ дыууæ хайьт дæр мæнæн ратт,— æрхатыди пæм Сæхуыг, — Хорз, ратдзынæи дын сæ. æрмя?ст сæ кæд Холы рагъ- мæ æнæрæтзæргæйт схæсг.зыгæ, ^æд. Хорз, зæгъгæ, загъта Сæхуыг æм’Р домбайьт мард æиæ- Х7»æкæ"1 йе ’ккочмæ сттстр.. Хæс^т^ æк райдыдта. Иуаног дгер — йæ фæдыл. Иуафо^ бæр?оттд рагъмæ схæ^г,^, С’^уыг- мæ агЪт^ фæкасл\ цыгта æсЬцæ^м^ схæтшæ, рэг-’æ йгр ч/аагъ æрæв.тр^та. Пуанси уый куы лут:дта. уæд æм быттæй охтæр кодта: — Фæхæрд дæ! Сæхуыгьтл сайд æрцыд, уый иуанон куы базьтдта, уæд ътн йз$ хай ра^та. Уæдæй сЪæстæмæ тык^ сльтмæн сты. Бонтæ бонтьт ивтой, афæдзтæ — афæдзты. Иуахæмы та * Сык-ьаджып домбай—зубр (Авторы фиппаинаг). 50
Сæхуыджы æрдхорд хæхбæстæм бафтыд. Цъæйы хъæумæ æввахс фæз ран йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ Йæхицæн цæрæн бынатæн равзæрста. Куьад рабæрæг, афтæ- :>]æй уыцы зæхх та уыди Даскаты. Цæмæн æй хъуамæ бау- агътаиккой сæ зæххыл цæрын æмæ сын тох бацайдагъ. Цуа- нон зæххы хицæуттæй авды амардта. Сæхуыг Ходон уæвгæйæ уыди цъæййаг сиахс. Даскатæ сæ туг райсынвæнд скодтой, фæлæ цæмæй Сæхуыгыл фæуæ- лахиз уыдаиккой, уымæн ницы мадзал ардтой. Цуанон, Сæ- хуыгимæ лымæн кæй уыд, уый зыдтой æмæ йын йæ усы æфсымæры балхæдтой. Хъуамæ каис, саргъы бæхæй йын зæрдæ кæй бавæрдтой, уый тыххæй, Сæхуыг æмæ цуаноны æхсæн ахæм æвзаг бахастаид, сиахс йе ’рдхорды цæй тых- хæй амардтаид. Усы æфсымæрæн лæгъстæ кæнын нæ ба- хъуыд. Йæ цæстытыл-иу, цы саргъы бæх ын ратдзысты, уый куы ауад, уæд æм гадзрахатдзинады сæрты ахизын кауы сæрты багæпп кæнынæй уæлдай нал каст. Иу изæр Сæхуыг хос кæрдынæй æрцæйздæхт. Гуылхæрæн- мæ куы ’рхæццæ, уæд кæцæйдæр йæ каис йæ размæ февзæрд. Каиссэн куыддæр фадат фæци, афтæ йæ хойы фыдгой кæнып- мæ рахызт: — Дæ хуыздæр æрдхорд мæ хоимæ дæу дæр æмæ мæн дæр худинаг кæны... Уыцы ныхæстæ Сæхуыгæн калмы сæрыл цæхх айзæрдæ- гау куынкæ фæуыдаиккой! Цалдæр боны марды хуызæнæй фæцыди. Йæ усмæ дæр йæ зæрдæ ницæмæй æхсайдта, пе ’рдхордыл дæр никуы ницæмæй фæдызæрдыг, фæлæ йын йæ капс йæ зæрдæйы цы гуырысходзинады нæмгуытæ ныппæр- ста, уыдон судзаг æвзартæ бонæй-бон тынгдæр пиллон уагъ- той. Сæхуыг йæхи цæттæ дардта æвирхъаудæр хъуыддагмæ. Иу æхсæв куы уыди, уæд цуанон æнафоны Сæхуыджы дуар бахоста. Фысым æй базыдта, фæлæ йæм нæ ракаст. Цуанонæн гæнæн нал уыд æмæ фæстæмæ раздæхт. Сæхуыгмæ æрæ- джиау цы зонд фæзынд — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ уа- зæджы фæсте расырдта. Кæрæдзимæ цыдæр тызмæг ныхæ- стæ скодтой æмæ сын хылмæ рахызт. Дзæвгар фæтох кæны- ны фæстæ Сæхуыджы хъама цуаноны риуы ныссагъд. Мæл- гæ-мæлын-ма йæ къухы бафтыд ахæм иыхæстæ зæгъын: '’Ходон лымæн уæ мачиуал скæнæд...» Фæстæдæр, рæстдзинад куы сбæрæг, уæд Сæхуыг йæ каи- сы æрцахста, йæ цыппæртæ йьтн сбаста, хæрæгуæрдопы йæ сæвæрдта æмæ йæ Цъæймæ сласта, ахæм лæджы марын мæ сæрмæ нæ хæссын, уæхæдæг ык пы кæнут. уый йын бакæнут, ’зæгъгæ. Æрмæст куы рацæйцыд, уæд æй, иууылдæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ иырдиаг кодта: «Мæнæ хорз адæм, ардыгæй фæстæмæ уæ цъæййаг каис мачиуал скæнæд!» ...Гадзубаимæ иу бон фæуын дæр йæхæдæг бирæйы аргъ У. Цы фехъуыста æмæ цы бакасти, уыдонæй рох ницы кæны. Дзурынмæ куыд дæсны у, фыссынмæ уымæй ноджы тынгдæр 51
арæхсы. Æрмæст цæмæдæр гæсгæ фыссынмæ зивæггæнгæ æвиалы. Фæлæ йын мыхуыры цы æрмæджытæ рацыд, уыдо-| ны хуызæн бирæ кæ ыыффысдзæн. — Гадзуба, ныр фыссын куы зоныс, уæд дæхиуыл цæмæн ауæрдыс? — бафарстон æй, йæ таурæгъ кæронмæ конд куы фæцп, уæд.— Æрмæст мгзнæн кæй фæдзырдтай, уыдонæй- алчндизр цæттæ радзырд куы у! — Кæк хъæуыиц мæ фыстытæ? — Куыд кæй хъæуынц? — Цалдæр азы размæ иу пьесæ ирон театрмæ бахастон. Ьакастысты йæ. Се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыди, фæлæ йæ абопы онг æвæрæг нæй. Ыæ фæлæ йæ кой куыд никуы скодта! Йæ быиаты æн- дæр бæстæ йæ сæрыл систаид. Цы хицауы къæсæрæй нæ бакастаид, ахæм ын нал баззадаид. Гадзубайы пьесæ та хорз рахуыдтой, уæддæр йæ фæдыл никуыдæмуал акаст. Ныууагъ- та йæ, цыма афтæ æмбæлд, уый хуызæн. ...Дыууадæс сахаты сси. Скъолайы-ма куы ахуыр кодтон, уæд-иу бон сихорафон Æрыдоны консервгæнæн заводы гу- доччы уасын райхъуыст. Уыцы заман сахат арæх нæ уыд æмæ-иу фылдæр адæм бæлвырд рæстæг бои иу хатт афтæмæй оазыдтой. Темырхъанæн æрбацæуын афон уыди æмæ хъæуы ’рдæм арæхæй-арæхдæр кæсын райдыдтон. Иу заман къуту- ты цур фæндаджы сæрмæ рыджы къуыбылæйттыл мæ цæст æрхæцыд. Чысыл фæстæдæр хъуысын райдыдта машинæйы уынæр дæр. Темырхъаны машинæ разынди. Мæ цуры æрлæу- уыд. Темырхъан мæ Гадзубайы цурæй иу фарс ахуыдта æмæ мык ныллæг хъæлæсæй афтæ: — Бехъанмæ куы ацæуиккам, уæд хуыздæр нæу? — Цæмæн? — Сихор уым скæниккам. Æзи ницыма æртыдтат? — Мæнмæ гæсгæ, чи цы тонинаг уыд, уый æртыдта, æн- дæр сæ бадынмæ не ’вдæлид. — Уæдæ æз цæуын æмæ-иу сæ цады былмæ ралас. Æм- бонд кæм ис, уый зоныс? Уым уæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Цас ма бафæстиат уыдзыстут? Æз мæ сахатмæ æркастæн, фæлæ йык ницы бæлвырд дзуапп радтон. Редакторы фæрсынмэ: ацыдтæн. Уый хистæр- тикг5 ауынаффæ кодта æмæ дыууæ сахатмæ ацæуыныл сра- гы сттх. Сæ уынаффга Темырхъапæн рафæзмыдточ. — Гъемæ тынг хорр, у. Дыууæ сахатмæ алхгыдæр цæттæ уьтлзæн. — Дæхи æгæр ма стыхсын шз. — Цæмæпты мьш тæрсыс? — :'тæ тсъух ауыг/та Тсмыр- л’ъ^р æмæ машинæйы абадт, — Хæдæ^ай, цы ’ртыдтам, уылон кæм сбардзыстæм? — адзырдтон ма йæ фæдыл. — Уый фæстæ,— дзуапп мын радта Темырхъан. Нæ пъæмидортæ æфсиайд куы фестæм, уæд хуымты астæу 52
цы док калд, уым нæхи ныхсадтам æмæ нæ фæндаг Бехъан- мæ адардтам. Æз шофыры фарсмæ сбадтæн æмæ йын фæндаг амыдтон. Дзæпс кæй нæ рацыд, уый æрæджиау æрхъуыды есодтон. Хуыздæр ран ссардта, æндæр нæ ныллæууыдаид. Нартхорыссæн куыройы цурмæ куы ныххæццæ стæм, уæд та мæ катайаг сагъæстæ сног сты. Темырхъаны мæ кæсæгтæй афæрсын дæр æрбайрох. Истæуыл куы тыхстаид, уæд мын æй загътаид. Куыройыдоны хид фехæлдтой æмæ нæ дæрдтыл зилын бахъуыд. Æппынфæстаг уæддæр амынд бынатмæ ны- хæццæ стæм. Нæ хъæуккаг лæппуты цалдæрæй лæггадгæнгæ ныййæфтам. Дынджыр бедрайы дзагхъуаг ног ахст кæсæгтыл мæ цæст куы ’рхæцыд, уæд мæ сагъæстæи сæ фылдæр фæ- цыдæр. Фынгыл æппыы куы ницы уыдаид, уæддæр æрмæст кæсæгтæ дæр сахадыдтаиккой. Лæппутæй иутæ физонæг код- той, иннæтæ кæсæгтæ тебæйы фыхтой, æртыккæгтæ та фынг- тæ æвæрдтой. Уазджыты бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Куыддæр Хъæвдын — хистæрæн бирæ ракæ-бакæйы фæстæ уый сбадт — Уастырджийы сидт фæкодта, афтæ дæлбылæй машинæйы хъæр ссыд. Чысыл фæстæдæр нæ цуры æрлæууыд «Жигули». Рахызтысты дзы Алмахситт æмæ Мæдинæт. Редакцийы кус- джытæй мæ мады ’фсымæры бирæтæ зыдтой æмæ иууылдæр сыстадысты. Цымæ æз ам дæн, уый йын чи загъта? Мæхи йын хъæр кæнынмæ куы нæ хъавыдтæн- Уæдæ йын æй Те- мырхъан дæр нæ загътацд. Иæфæразгæ у æмæ йæ дыууæйæ дæр æфсæрмы æфтауынмæ нæ хъавыдыстæм. — Хистæрæн нын хъуамæ ды сбадай,— дзуры йæмХъæв- дын æмæ йын йæ бынатмæ амоны. — Уæ бадты кой кæнут. Æз дæр æнæбынат нæ уыдзы- нæн,— дзуапп сын радта Алмахситт. Цыиæ йын фæкодтой, уæддæр хистæрæн сбадын нæ ба- куымдта. Дыккаг хистæры бынаты бадыны зæрдæ дæр æм нæ уыдн, нæфæразгæ дæн æмæ фæстæмæ цæуын, зæгъгæ, фæлæ уым йæ коммæ нал бакастысты. Мæдинæтмæ лæггад- гæнæг лæппутæ дæр фæкастысты æмæ машинæйæ арахъы дыууæ четверты, бæгæны æмæ сæны фæйнæ четверты рай- стой. Уый фæстæ æртæ фæлтæры æртыгай чъиритæ фынгыл æрæвæрдтой, стæй гогьтз æмæ гогызы йас карк. — Уыдон Алмахситт æмæ Мæдинæты хуынтæ сты,— загъта лæггадгæнæг лæппу. Мæхипглм амондджьтндæр никæчуал хуыцтон, ме ’мкусæг адæмы цæстьт кæй пг^ бафтдпыпгоя гзмзо кæ хъæубæстæйæ разыйæ кæй бэззайдзысты, уыцы хъуыдьт мг^ сьгзæллонау барæвдыдта. Ацы дулейыл мыи Алмахситт г:^т'э Томьтрхъа- нæй стырдæр ныфс пæй. Мæ оæпдæ уыдонгеп тыггдæр иикæ- уыл дарын æмæ та мыл сæ дыууæйы хорзæх дæр иумæ сæмбæлди. Фынджы уæлхъус бадынмæ уымæй размæ дæр нæ хъа- выдтæн, Алмахситт куы фæзынд, уæд-та-ма мæ æгъдау дæр 53
нал уагъта, æмæ мæхи физонæггæнджытæм байстон. Хъæв- дын мæм цалдæр хатты фæдзырдта, фынгмæ хæстæгдæр ра-'; цу, зæгъгæ, фæлæ йын нæ бакуымдтон. Мæ зæрдæ ницæмæ-' уал æхсайдта, уæддæр ма мæ зыр-зыр цыди. Мæ бирæ уаз-< джытæ истæуыл куы стыхсой, цыдæр сын куынæ сфаг уа, уымæй тарстæн. Утæппæт кæсæгтæй иуы къæдзилмæ дæр нæ бавнæлдтон — иууылдæр фынгмæ куы баирвæзтаиккой, уый мæ фæндыди. Лæппутæ мæм цалдæр хатты æрхатыдтой, уæд та физонæгæй фен, зæгъгæ, фæлæ уымæ дæр нæ бавнæлдтон. Мæ хъуыдытæ иууылдæр уыдысты бадты адæмимæ. Куы ни- чи дзы ницæуыл стыхстаид, нæ хъæубæсты адæм мæ цæсты куыд кадджын уыдысты, уыдонмæ дæр ахæмæй куы разын- даиккой, уый мæ фæндыди. Æххормаг та мын куыннæ уыди — райсомæй дæр куы ницы бахордтон, афтæмæй стыр с^тхор куы сси — фæлæ мæм уæддæр хæрын нæ цыди, комдзаг дзы- хы акген, уый зæрдæ нæ агуырдта. Адæм цас фылдæр бадтысты, уыйбæрц дзурджыты нымæ- цыл дæр æфтыди. Фынг, ахæм заман куыд вæййы, афтæ, бирæ чысыл къордтыл фæдих æмæ дзы алкæцы дæр йæхи нымадта сæйрагыл. Иуцасдæр иумæйаг хъæры æхсæн бадты æгъдауæн ницыуал равзарæн уыд. Фæлæ сæм Хъæвдын куы фæкомкоммæ æмæ йæ хъуыды куы бамбарын кодта, хистæр- мæ хъусын хъæуы, зæгъгæ, уæд, бирæтæ сæ дзурынэей фен- цадысты. Ахæм заман Хъанцау æнцад никуы фæлæууы æмæ та Хъæвдыны ныхæстæ ацахсгæйæ Гадзубамæ — уый йæ фарсмæ бадæджы хъусы цыдæр бадзырдта — фездæхт æмæ йæ цæсгом фæтызмæгхуыз кæнгæйæ сдзырдта: — Хъæвдыы дæумæ дæр дзуры, Гадзуба. Кæд æй хистæ- рæн сбадын кодтат, уæд æм хъусын хъæуы... Бирæтæ, Хъанцау кæцырдæм цæвы, уый бамбæрстой æмæ йæм аивæй мидбылхудгæ кастысты. Хъæвдын дæр æй бам- бæрста æмæ йын дзуапп раттыныл нæ бафæстиат: — Æппæты фыццаг дæу ивар кæндзынæн, Хъанцау, уый дæ зæрдыл дар. Хъанцау • йæ бынаты стæлфыд, йæ цъупп былтæ фæ- цыргъдæр сты, афтæмæй сæ радав-бадав систа, стæй Хъæв- дынмæ бакæсгæйæ сдзырдта: — Æз дæр дæ фарс куы дзурын, Хъæвдын, цæмæн мæ ивар кæныс? — Уæд гей базокдзынæ, цæмæи дæ ивар кæнын, уый! — Уæдæ-ма æз мæ дзыхæй ныхас дæр куы суадзон!.. Бадтмæ мæ зæрдæ куынæуал æхсайдта, уæд нарæг къах- вæндагыл бæрзонд хъæзы æхсæнты цады былмæ бацыдтæн. Кæддæр-иу ацы былгæрæттæм хæстæг хъыбылы йас дынджыр- цæппæрджын кæсæгтæ чысыл нэутау сæ зæрдæйы дзæбæхæн ленк кодтой. Ныр фæпыдæр сты. Дæллаг былгæрон цалдæр лæд’жы æнгуыр дардтой. Кæсагахсджытæ зынди фаллаг фар- сæй дæр. Быдыртæ æмæ мæ хъæдтæ фенын æрфæндыд æмæ бæрзонд къуыбырмæ схызтæн. Бехъаны цад мæм бынтон* 54
æндæрхуызонæй разынд. Цыма мæ армытъæпæны æвæрд уыд, уый хуызæн уынын райдыдтон йæ алы къуым дæр. Йæ уæл- цъар кæсæны хуызæн æрттывта. Афтæ лæгъз уыд, æмæ дзы бæлоны сис куы ныххаудаид, уæд дзы, йæ аныдзæвд цы зил* лæччытæ равзæрын кодтаид, уый адæймаг федтаид. Сæрдыгон-иу арфдæр найæн агурæг суанг ардæм дæр æрхæццæ. стæм. Урсдоны фæстæ-иу ам доны бирæ лæууын нæ фæрæзтам — суадæтты дон æм калд æмæ фæрынчынæй тарстыстæм. Тарстыстæм кæлмытæй дæр. Ныккæнæн сын нæ уыди. Калмæй та чи нæ тæрсы, фæлæ дзы цыма мæн хуызæн йæ удхæссæг ничи уыдта, афтæ мæм каст, стæй мæм ныр дæр афтæ кæсы. Цы доны-иу æй ауыдтон,, уырдæм-иу хæстæг цæуын нал бауæндыдтæн. «Калм», зæгъгæ-иу, хъæрæп исчи куы сдзырдта, уæд дæр-иу мæ уд мæ къæхты бынæй ауад æмæ-иу лидзæг фæдæн. Хъазгæ дæ кодтам, зæгъгæ-иу, мæ сæ ныхæстæ дæр нал уырныдтой. Бехъаны цад хæсты фæстæ скъахтой. Раздæр дæр дзы къуырфау уыди. Иу нарæг уадздзаг æй дыууæ дихы кодта. Ууылты-иу мах базармæ цыдыстæм. Кæд-иу доны бын нæ уыди, уæд. Фæлæ-иу хаттæй-хатт йæ фæйнæ фарс дон сабуз- та æмсе-иу фæндаджы сæрты акалд. Фæстæдæр, цад аразын куы райдыдтой, уæд дыууæ къуырфауы дæр арфдæр скъах- той. Цы нарæг уадздзаг сæ хицæн кодта, уый дæр ахафтой. Дæле ауазæнтæ æрæвæрдтой æмæ дон æмбырд кæнын рай- дыдта. Цалдæр бонмæ дзыхъауæй Бехъаны цад рауад. Уæдæп фæстæмæ нæ хъæуы лæппутæ ардæм цæуын райдыд- той, Фылдæр сæхи найынмæ, иуæй-иутæ та кæсаг ахсынмæ дæр. Урсдон æмæ Куыройыдоныл чи сахуыр, уыдонæн Бе- хъаны ленк кæныны зыкæй ницы уыд. Сахат, сахат æмæ-иу æрдлжытæ æддæмæ нæ рацыдысты. Бирæты дзы уазал дæр ницуал хъыгдардта. Иу заман дзы кæйдæр зæрды карп æмæ сардоан кæсæгты лæппынФæ ауадзын æрæфтыд. Балер кæ- сæгтимæ, дам, кæрæдзийы нииы хтэыгдардзысты. Бехъаны уымæй размæ дæр балер арæх нйэ уыд. Чи зоны, йæ дон суа- донæй хъармдæр кæй уыд, уый тыххæй. Фæлæ дзы ног мыг- гаг кæсæгтæ куы фæзынд, уæд балер бынтондæр, Бехъанмæ цы суадгэттæ калд, фæстæмæ уырдæм ацыд. Карптæ æмæ сардзантæ та рæзынмæ фесты. Уæлдайдæр карптæ. Сæхи уыцыз сæрибар æнкъардтой. Путæй фылдæр чи ласта, ахæдотæ дæр дзы фæзыцди. Куътд дзырдтой, афтæмæй уæлдай дын- джырдæртар сæхи æмбæхстой æрфыты. Ламийы бын, дам-иу абырыдысты. Фæлæ дзы былгæрæттæл: ::æста:г "и ленк кодта, уыдоь1 цæр, куы зæгъыч, хъыбылæй къаддæртæ н^ л7ыдысты. . Фæстæдæр дзы фæзыиди хихор кæсæгтæ. Уыдон аххос уыди æви сыл æндæр исты Фыдбылыз æрцыди, уый зын зæгъæн у, фæлæ карптæ æмæ сардзантæ куьшæгæй-куынæгдæргæнгæ цыдысты. Фæстагмæ сæ мыггаг сыскъуыд. Æнæхъæн .цады ма баззади æрмæстдæр хихортæ. Къуыбырæй кæсгæйæ нæ хъæуæн йæ гæдыбæлæстæ йед- 55
дæмæ ницы зынди. Фæндыди мæ Хъæууатмæ бахизын æмæ-2 уырдыгæй дæрдтыл афæлгæсын, фæлæ нæ адæм сыстадысты: æмæ мæм чидæр мæ номæй фæдзырдта. Фæцæуын, зæгъгæ,. сын дзуапп радтон æмæ уæлбылæй мæхи бынмæ рауагътон., Иууылдæр разыйæ кæй баззадысты, ууыл, фынгыл цы æрæ- вæрдтой, канд уый дзурæг нæ уыд, фæлæ фынгыл цы баззад^ уый дæр. Зайгæ та дзы бирæ бæркад бакодта. Стæй æрмæст нозт нæ. Сæ уæлдай ныууагътой суанг ног ахст кæсæгтæй дæр. Фæстæмæ заргæ æмæ худгæйæ раздæхтыстæм. Мæхи ма- шинæйы кæй нæ рацыдтæн, ууыл фæфæсмон кодтон. Æртæ къуырийы бæрц Бæди колхозы уыди æмæ йæм иу хатт йед- дæмæ нæ уыдтæн. Куы йæ абæрæг кодтаин, уæд бæргæ хорз уыдаид, фæлæ дзы ницы рауади. Дыккаг бон æм сæрмагондæй æрцыдтæн. Хуъшæтæджы æхсызгон ын уыди. Йе ’мбæлттæй дыгай-æртыгай хæттытæ кæмæ æрцыдысты, ахæмтæ дæр уыди æмæ йæм, кæй зæгъын æй хъæуы, хардзау касти. Базары йын цыдæр халсартæ æмæ дыргътæ балхæдтон æмæ йын сæ машинæйæ куы райстон, уæд уыцы хъæлдзæгæй йе ’мбал чызджытæм фæдзырдта æмæ сæ мидæмæ хæссыныл фесты. Адæмæн сæ бинонты кæстæр буцдæрыл нымад вæййы, Бæди та æппæты кæстæр уæвгæйæ, махæй мæгуырдæр бонтæ арвыста. Мады рæвдыд дæр нæ уымæй къаддæр ничи федта. Нæ фыдимæ кæрæдзийы зонгæ дæр нæ кодтой, ууыл куынæ- уал дзурæм, уæд. Уымæй ма æбуалгъдæр хъуыддаг цы уа: мама райгуыр, афтæмæй дæ фыд амæлæд, амæл, афтæмæй дæ хъæбул мама райгуырæд! Бæди фæстæмæ куы раздæхт æмæ ба^лæсты бынмæ, куыд тшчи нæ хъуса, ахæм ранмæ куы ацыдыстæм, уæд мæм фæлæбурдта: — Цæмæн афтæ æрæгмæ цътдтæ, уый-ма мын радзур? — Кæд дæ фæнды, уæд мæ къухтæ дæр сдардзынæн. — Дæ къухтæ дарын мæ ницæмæн хъæуы, фæлæ мæ ам дзæгъæл чызджы бынаты цæмæн сæвæрдтай, уый-ма мын зæгъ? — Сæттын ыл, аххосджын дæн. — Сæтгæ дæр ма йыл кутт нæ кæнис! — Цæй, куыдтæ дæ? — Уый дын «куыдтæ дæ»? Куыдтæ дæн, чып зонын дæ куы фæнлыдаид, уæд мæм мæ рæзты цæугæйæ. искуы фез- дæхтакс! — Æтмæ кæд цыдтæн дæ рæзты? — Нæ ма? уырны, æртæ къуыркны ацы фæндагыл иу хатт дæр нæ аиыд^æ, уый. Цæй, уыцы ныхæстæ ныууадзæм, фæ- лæ мьтч дæхæдæг истытæ радгур. Цы хабæрттæ ис горæты? Дукетхакитæ куыд сты? Хæрг5аг Зэлнмхаи бирæ ног дзырдтæ’ базыдта! — Ахæм хорз лæппу у æмæ диссаг! 56
— Арæх-иу лæм æруадысты? — Уæдæ мын хæринаг чи кодта? — Дæумæ цæуын дæр нæ хъæуы. — Цæй, йæ хуыздæр æфсымæры дын чи ратдзæн? Бирæ- ма уыдзыстут ам? — Уæдæ-ма мæм иннæбон ма ’рцу!.. — Цæмæн иннæбон? — Уæд нæ нартхоры хай тыкд фæуыдзæн æмæ нæ ласгæ кæндзысты. Æнæмæнг-иу мæм æрцу, бамбæрстай? — Æппындæр мыл æууæнк куыд нал ис. Æрцæудзынæн дæм. / — Æрмæст фæссихор. Хорз? — Къуырма ’нхъæл мын дæ? Фехъуыстон дæ. — Цыппар сахатæй-иу фæстæдæр ма баззай. — Бакыхас кодтам. Цыппар сахаты нæ, фæлæ-ма æхсæзæм сахатыл дæр Бæдиитæ быдыры уыдысты. Цы хуым сын радих кодтой, уь1- мæн фæуыны хъомыс гал >'ыд. Уæ/хдæр-ма • сæм шофыримæ мах дæр фæкастыстæм, сзндæр поджы фæстæдæрмæ базза- даиккой. Нæхимæ куы ссыдыстæм, уæд Бæдк арф ныуулæфыд æмæ æхсызгонæн загъта: — Искуы-ма схæццæ уыдзынæн, уый æнхъæл нал уыдтæн. — Дæу горæтæй хъæуы арæхдæр уæвын хъæуы. — Цы зæгъынмæ хъавыс, уый бамбæрстон, ма тæрс,— хик каст мæм æрбакодта Бæди. — Цы зæгъынмæ хъавын? — Зонын æй. — Зæгъ-ма йæ. уæдæ? — Нæ дын æй зæгъын. — Æз дын æй мæхæдæг зæгъдзынæн. Хъомты дохтыр уыдзыкæ æмæ хъуамæ хъæуы, цас гæнæн ис, уыйбæрц фыл- дæр рæстæг уай. — Нæ дын загътон?! Бæди институты ахуыр кæкын куы райдыдта, уæд-иу, Къостакы йæ фыд Леуан куыд фарста, уæддæр цы ущзынæ, цы, зæгъгæ-иу æз дæр Бæдийы афтæ баййардтон, павæю дох- тыр уыцзынæ, зæгъгæ. Куы никуы ницы дзырдта, уæд ык иу ^атт мæхæхгæг афтæ гæгъын: лы уыдзынæ хъомты дохтыр! ’Укпы пыхас мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ уый фæстæ хъом- ты дгхтыр^й мæстгрч марын райдыдтон. Дзыццайы ныхæстæ арæх æрымысык. Искуы-иу хатт ыл-пу æкпой сахат к^’ы акодта, уæд-иу фидæныл сагъæсы арæх бацыд. Йæхицæн дзурæгау-иу афтæ бирæ хæттыты загъта: «Тæхуды, сьтмахæй кæмæй пы рауайдзæн, уыч рага- цау чк базоны!» Алчи^æр ын-иу зæрдæтæ æвæрынмæ сЬæни. Цыма-иу æм кæ иуы ныхас дæр никуьт бахъардтя, абзтæ- т*у мæм фæкаст, æндæр-иу дарддæр йæхицæн дзурæгау нæ 57
загътаид: «Цалынмæ сымахæй истытæ уайа, уæдмæ мæнæвг мæрдты стæгдар дæр нал уъ1дзæн». Цæмæн ахæм зæрдæсаст уыд, уымæн абон дæр ницы зокын. Йæ мæлæты хæдразмæ иуцасдæр йæ фарсæй хъæрзыд- та æмæ удæгас адæймæгтæй та исты кæмæй нæ фæриссы?! Рысти æмæ йын нал рыстацд. Стæй ахæм ыыхæстæ, æппын- дæр дзы куы ницы рыст, уæд кодта. Æцæгæй дзурын æн- хъæл ын-иу нæ уыдтæн æмæ-иу æм мæ хъус никуы æр- дардтон. Йæ ныхæсты тызмæгдзинад мыл фæстæдæр æртæф- сти. Йæ мæлæтыл куыд фылдæр цыди, афтæ мæм тынгæй- тынгдæр хъардтой. Уæлдай арæхдæр-иу мæ зæрдыл æрлæу- уыдысты, йæ къамтæм ын-иу куы кастæн, уæд. Нæ хæстæджытæй йæ къамтæ кæмæдæриддæр уыд, уыдо- нæй кæмæ куыд æфтыдтæк, афтæ сæ хæсгæ цыдтæн. Афтæ- мæй-афтæмæй мын бабирæ сты. Уыцы къамтæм куы фæкæ- сын, уæд ын æдзухдæр йæ æккъард иыхæстæ æрымысын* уымæн æмæ алы къамæй дæр æнкъардæй фæкæсы, цыма дуиейы цинтæ йæ рæзты фæцыдысты, уый хуызæн. Иунæг хуызисты дæр хъæлдзæг нæу. Иунæгæй ист кæм у, уым дæр, къордæй ист кæм сты, уым дæр. Йæ фарсмæ чи фæбады,, уыдонимæ йын цыма иумæйагæй ницы вæййы, уый хуызæн йæхимидæг арф хъуыдыты ацæуы æмæ йæ уды цы æнкъард- дзинад æрцард, уый цæстытæй дунемæ фæкæсы. Йæ хуы- зистытæ мæм иууылдæр нывты хуызæн кæсынц. Иу нывгæ- нæг кæй скодта, ахæм нывты хуызæи. Æрмæст алы ?:ъамæй дæр хицæи хуызы æнкъарддзинад фæкæсы, алыхуызон сагъæстæ фыст вæййы йæ цæсгомыл. Æцæг нывгæнæг уыцьг къамтæ куы фенид^ уый мæ зæрды рагæй уыди æмæ иуахæ- мы Газанбегæн, Борнæфæн цы хъуыди, уыцы ньихæстæ чи загъта, стæй йæм йæ хъуыдытæ фысгæ дæр чи ныккодта, уыцы нывгæнæгæн мæ фæнд бамбарын кодтон æмæ йæ зæр- дæмæ фæцыди. Цыдæриддæр мæм къамтæ уыд, уыдон æм ба~ хастон. Бирæ сæм фæкасти, стæй мын афтæ: — Уадз уал сæ, æз сæм æркæсдзынæн... Цалдæр боны фæстæ йæм бацыдтæн. Равзæрста, мæхи зæрдæмæ тынгдæр чи цыд, уыцы хуызист. Нæ сыхæгты чындз æмæ мæ фыдыхойы чьгзг йæ фæйнæ фарс лæууьшц, афтæмæй. Дзыцца кæрдæгыл бады, йæ хъæбысы та — æз. Афæдз-афæдз æмæ мыл æрдæгæй фылдæр нæ цыдаид, асЪтæ- мæй. Дзыццайыл — глази кофтæ. Æз дæр-ма йæ æрыййæф- тон. Райс-бавæрды дзаума йын уыди. Циндзинадмæ-иу куы цыди, уæд-иу æй скодта. Цæттæ мæнæргъыйæ чысьтл сЪæлурс- дæр хуыз ын. Ахæм тæнæг æмæ рог уыдис æмæ-иу йæ рæз- ты куы ауадаис, уæд-иу цыма бирæ гæлæбутæ стæхынмæ хъавыдысты, уый хуызæн-иу бæстæ пæр-пæр сси. Дзыцпайыл- иу æй куы федтон, уæд-иу цыма нæ хæдзары бæрæгбон уыд, афтæ-иу мæм каст. Дзыппа-и^ уьшы кофт??йы бивæ сЪеры- гондæр. Цыма йæ къухы къæпи дæп никуы уыли, суг сæт- тынмæ фæрæт даер никуы райста, нæлгоймаджы куыстытæм 58
хæстæг дæр никуы бацыди, ахæм хуыз ын-иу лæ- 1;æрдта. Уыцы кофтæйы дзыцца мæ цæстытыл уайы тæккæ амондджындæрæй, тæккæ рæсугъддæрæй, тæккæ фæлмæн- дæрзæрдæйæ... Афтæ-иу мæм каст, цыма алы ныййарæг ма- ды дæр ахæм кофтæ хъуыди, цæмæй-иу æй куы скодтаид, уæд-иу бæрæгбок уыдаид, канд йæхицæн нæ, фæлæ йæ хъæ- бултæн дæр. Газанбег утæппæт къамты æхсæн мæ уарзон къам кæй равзæрста, уый мын тынг æхсызгон уыд. — Æрмæст æй дынджырдæр сисын хъæуы,— загъта-ма мык Газанбег. — Сисдзынæп æй,— зæрдæ йын бавæрдтон æз. Цалдæр бсны фæстæ къам, цæййас загъта, уыйас сисын кодтон æмæ йæм æп бахастоп. —. Хорз у. Кусдзынæн ыл. Æрмæст мæм тагъд æнхъæл- мæ ма кæс. Тагъд никуыдæм кодтоп, фæлæ-иу æм рæстæгæй-рæстæг- мæ бауадтæн., Тыпг сьшдæг ыл куыста, раст зæгъын хъæуы. Къам йæ акомкоммæ дардгомау сæвæрдта æмæ-иу æм цазæр- дæр аппаратæй бирæ фæракæс-бакæс кодта. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ-иу нывмæ цыдæр бæрæггæнæнтæ бахаста. Ахæм уа- вæры йæ бирæ хæттыты баййæфтон. Диссаг мæм цы каст: дзыцца къамы цы уыд, уымæй йæ дзæвгар феыдæрхуызон- дæр кодта. Цæсгом фæдæргъæццондæр. Сæры фаст фендæр- .хуызон. Кофтæйы гуыр аивта. Хъуыр фæдаргъдæр. Дзыцца та йæхи хуызæн тынгæй-тынгдæр кодта. Афæдзæй йыл фыл- дæр куы фæкуыста, уæд мын афтæ зæгъы: — Ахæсс æй. Уадз æмæ уад дæумæ фæуа. Иу-дыууæ :мæйы фæстæ ма йæм иу хатт æркæсдзынæн. Æрбахастон æм æй дыууæ мæйы фæстæ. Фæпи та йæм ноджыдæр* иу-цасдæр. Æппынфæстаг сцæттæ. Газанбеджы уымæй размæ дæр стыр нывгæнæгыл нымадтон, стæй йæ канд æз нæ нымадтон, фæлæ мæм йæ курдиат уæдæй тынг- дæр никуы бахъардта, йе сфæлдыстадон хъаруйыд ын уæ- дæй тынгдæр никуы баууæндыдтæн. Цыма дзыцца мæ зæр- дæйы, мæ зонды, мæ хъуыдыты, мæ мысинæгты цьт хуызæн уыд, уыдон пу раыпæ æрæмбырдчы^лæуыд æмæ дзы иу дзыщта сарæзтæуыд, афтæ м^м каст. Дзыццайы чл ^.ыдта, уьтдот--иу æч кум гЪелтой, уæд-ну дттсьт бацыдысты, йæ хæд- халдих кæй уыди, ууыл. Уыимæ-иу æй бирæтæ Бæдийы æн- гæс рахуыдтом,.. Цатгынмæ æг. уыцы хъуыдыты ахæстьт уьтд^æн, уæдмæ Бæдч йæхи ныхсадта, йæ бæрæгбоны дарæс скодта æмæ мæм дзуры: — 1Том Ирыхъæумæ. — Цы мын дзы бяззэд? — А^, дæ хо уым ттæй? Дæ хæрæсЪырт иннæ ахæм? — Каис уъуэмг^ й^хи дягын г>о*та. — Уæдæ лæу\\ Æз цæуын,— æмæ фæдуары ’дде. ГКъуылых уæрццæн уад æрсуры, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ 59
фæзæгъынц. Цыппæрæм уæладзыгæй мын æхсызгон хабар< фехъусын кодтой. Ленинграды журиалисттæн æмбырд ис», æмæ, дам, уырдæм цæуыс? Куыннæ цæуын?. Элинæйы фе- ! нынмæ арвы кæронмæ куы ацæудзынæн, уæд ЛенинградмаьД куыккæ хъуамæ ацæуон? \ Редарсторы журналистты Цæдисы сæрдарæй равзæрстой \ гвмæ мæм уый æрдзырдта. Йæхæдæг, стæй-ма ноджыдæр» \ дыууæйæ цыдысты. Æз — цыппæрæм. Цæуъш мæ куыд тынг , фæндыд, уый бамбæхстон, фæлæ уæзданæй мæ фæнд бамба- 1 рын кодтон. Хъуыддæгтæ афтæ тагъд арæвдз сты æмæ мæ Эликезмæ телефоиæй кыдздзурын дæр ферох. Мæ цин куы фæдзæгъæл уа, уымæй дæр тæссаг уыди. Уæд та йæхæдæг искуыдæм балцы ацыд кæкæ рынчын у æмæ йын æддæмæ рацæуыпы фадат нæ фæуыдзæн, кæнæ... Царды цынæ вæй- йы? Билет мæ къухы куы бафтыд, уæд æм телефонæй ныдз- дзырдтон æмæ сæхимæ разынд. Уырнгæ дæр æй нæ кодта, кæд, дам, мæ хынджылæг кæыыс. Раздæр, дам, мæм цæуын- нæ ’рдзырдтай. Тынг æхсызгон ын уыдис. Хæдтæхæджы размæ мæм ра- цæуинаг уыд. Ыæ мæ фæндыд, мемæ чи уыди, уыдоны цурмæ æрбацыдаид, уый. Нæхимæ митæн йæ кой дæр нæ уыд. Хур касти, кæд тынг нæ тавта, уæддæр. Элинæ мын загъта, махмæ, дам, уа- зал у æмæ, дам, уый дæ зæрдыл дар. Хæдтæхæгæй куы ра- хызтыстæм, уæд дымгæ буары иннæрдæм хызти. Митфæл- дзæгъдæн хаста. Аэропортæй мын телефонæй дзурыны фа- дат нæ фæци. Ме ’мбæлттæ, рæвдздæр бахæццæ уæм, зæгъгæ> машинæ ацахстой æмæ уайтагъд фысымуаты балæууыдыстæм. Элинæмæ телефонæй куы бадзырдтон, уæд йæ фарст йæ ра- зæй фæци: «Кæм дæ абондæргъы?» Кæцы фысымуаты дæн, уый йын куы загътон, уæд мын афтæ: «Уый махмæ хæстæг у. Ды фæдзæгъæл уыдзынæ. Æз дæм’ мæхæдæг фæцæуын. Сахаты æрдæджы фæстæ мæм бынæй æнхъæлмæ кæс. Æддæмæ ма рацу, суазал уыдзынæ. Фыццаг уæладзыджы бацæуæны-иу лæуу». " Æппæты фыццаг уæладзыгмæ цæстдарæгмæ азгъордток æмæ иту ракуырдтон. Тагъд-тагъд мæ хæдоиыл иту авæрд- тон æмæ фæстæмæ—мæ уатмæ тæхгæ. Мæхи ахсадтон, мæ хæдон аивтон æмæ иуæндæсæм уæладзыджы лифты цæппæр нылхъывтон. Сахатьт æрдæг нæ, фæлæ ссæдз минутьг дæр нæма рацыд, афтæ бынæй балæууыдтæн. Рапыд фондз мину- ты, дæс, уæддæр Эличæ зынæг нæма уыд. Иу-цалдæр хатты уынгмæ дæр рауадтæн, фæлæ дзы никæуыл мæ цæст æрхæ- цыд. Уалынмæ Элиттæ фæзынц. Зымæгон дарæсы йæ никуы федтон æмæ мæм æппындæр йæхи хуызæн нæ (Ьæка^т. Рува- сы цармæй артæнгæс дынджыр хъусджын худ, æфцæггот^- 61
з;жын хъарм палто æмæ мæм цырыхъыты комкоммæ уыцы Зарджынæй куы ’рбацæйцыд, уæд-ма мын цы бамбарын хъуыд, æцæгæлон адæймаг йæхи афтæ кæй нæ дардзæн, уый. Йæ цæстытæ, фындз, былтæ æмæ русты цъуппытæ йеддæмæ цзы ницы зынди, фæлæ æмхуызонæй дæр кодтой худгæ. Кæд цыфæнды уазалæй æрбацыдысты, уæддæр мæм афтæ фæкаст, ^ыма пиллон арт уагътой. Цæхæртæ каддтой цæстытæ, æрт- гывтой рустæ, худтысты былтæ. Йæ размæ атыидзыдтон. йæхи мыл афтæ барджынæй æрёаппæрста, æмæ нæ цурты здæм дыууæрдæм кæй кодтой, уый дæр ницæмæуал æрдард- гам, афтæмæй иуцасдæр кæрæдзийы хъæбысæй нал фæхицæы стæм. Йæ миттæ йын æрцагътон, æмæ адæм кæм нæ уыд, уы- цы къуыммæ ацыдыстæм. — Цсм нæхимæ,— загъта Элинæ, йæ уд йе ’муд куы ’рцыди, уæд. — Цытæ дзурыс?! — Мæ мадимæ дæ базонгæ кæнон. — Хыцджылæг кæныс æви цы? — Цæмæн -кæнын хынджылæг? Æз ын нæ хабæрттæ иу- уылдæр радзырдтон. — Цавæр хабæрттæ? — Куыд базоигæ стæм, чи дæ, цы дæ? — Кæй æрцыдтæн, уый дæр зоны? — Уæдæ?! Æнхъæлмæ дæм кæсы. — Цытæ дзурыс, æз уырдæм уæндын?! — Цы диссаг у? > — Чи дæн ын зæгъдзынæ? — Чи мын дæ, уый йын нæ загътон, фæлæ кæй дæ, уый йын загътон. — Уæд та де ’мбæлттимæ рацу. — Уыдонимæ та æппындæр нæ бауæнддзынæн. — Райсом дæр не ’рбацæудзынæ? — Нæ зонын... Æнæ цæугæ дзы нæй? — Ау, уæдæ Ленинграды уыдтæ æмæ кæм цæрæм. уый дæр нæ базондзынæ? — Бацамондзынæ мын æй. — Бацамонын æмæ бацæуын иу не сты. Æз æртæ боны куысты дæр куынæ уыдзынæн. — Цæуыннæ? — Уæлдай бакуыстон æмæ уыдон хыгъдмæ. — Гъер ды ницы дæ?! — Диссаджы ныхæстæ кæныс? Дæ командировкæ æртæ бон нæ, фæлæ æнæхъæн мæй куы уаид, уæддæр кусынмæ иу бон дæр нæ ацæуин. Мæ иннæ азы отпуск дæр райсин æмæ йæ дæуимæ арвитин. О, хæдæгай, сомизæр макуыдæм сфæнд кæн. Театрмæ билеттæ райстон. Товстоноговы æвæрд спек- такльтæ фенынмæ Мæскуыйæ дæр æрбацæуынц, уый зоныс? — Уый нæ зонын, фæлæ Товстоноговы спектакльтæ бæр- 61
зонд аивад кæй сты> уый мæ хуызæн хъæууон адæм дæр зонынц. ’, — Хынджылæг ма кæн, фæлæ райсом Стыр драмон теат^ ры Щекспиры «Генрих IV» æвдисынц æмæ йæм бацæуæм/ Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн. Иннæбон та Пушкины номыл теат- ры споктакль фендзыстæм. Æви дæ нæ фæнды? — Фæнды! , — Уæдæ цæуыннæ исты дзурьтс? Ленинградимæ иу чысыл уæддæр куынæ базонгæ уай, уæд мын зын уыдзæн. — Эрмитраж нæ ^усы? — Кусы? Уырдæм дæр иннæбон ацæудзыстæм. УыГгас бирæ дæр нæма алæууыдыстæм, фæлæ Элинæ хъарм дзаумæтты стæвд. — Иæ, фæлæ уал ды махмæ цом,— дзурын Элинæмæ.— Дæ хъарм дзаумæттæ раласдзыиæ, кæкнод тæвдæй æддæмæ куы ацæуай, уæд суазал уыдзынæ. Нæ мын бакуымдта мидæмæ. Уæддæр ын йæ худ сисын гсодтон, раласта йæ палто дæр æмæ иуцасдæры фæстæ иумæ сæхимæ рацыдыстæм. Æрдæгфæндагыл уыдаиккам, афтæ мæм Элинæ дзуры: — Кæд нæхимæ нæ бацæудзынæ, уæд фæстæмæ аздæх. — Фæдзæгъæлæй мын тæрсыс? — Æмæ дæхæдæг нæ тæрсыс? — Æргом дзургæйæ тæрсын. Цæй, фæстæмæ машинæ æрцахсдзынæн. \ Иуцасдæр ма ауадыстæм. — Мæнæ дын нæ уынг,— сдзырдта Элинæ. — Горæты астæу куы цæрут, уæд уæ проспект Горæтгæ- рон цæмæн хуыйны? — Уый кæддæр уыди горæты кæрон. Дымгæ йæ фæлдзæгъдæн хæссын фæтынгдæр кодта. Ми- тын ссад-иу урс-урсид зæххыл иырæгъты рухсмæ æрттывдты- тæ калгæ уынгтæ мæрзгæ фæцæйзгъордта. Элинæ мæ дæ- ларм цыди, æмæ-иу мæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæхимæ тынг- дæр кылхъывта. — Ихæн дын у? — фæрсын æй. — Мæгъа, ихæн мын у æвк мын тæвд у, уый нал æмба- рыи. К^ьтд тыкг бæллыдтæн дæ^/ фенынмæ, уый куы зонис! — Æз дæр! — Нæ мæ уырны. — Цæуыннæ? — Уяед раздæр æрцыдаис. — Фадат куыддæю фæцис, афтæ нæ рацыдтæн? — Æмæ дын фапат куынæ фæуыдаид, уæд та? — Уæд дæр æрцыдаин. — Æрбахæццæ стæм.— Элинæ æрлæууыд цыппаруæла- дзыгон рæсугъд хæдзары дынджыр рудзгуыты бын. — «Горæтгæрон проспект, цыппæрæм хæдзап» —бака- стæн хæдзары къулыл. Зонгæ уынг æмæ номыр. Æрмæстдæр 62
ма йын нæ фаг кæны æртыккаг фатер. Элинæмæ писмотæ зды адрисыл арвыстон. — Кæцы уæладзыджы цæрут? — Фыццаг. Уæртæ уыцы рудзынг мах у. Цом мидæмæ. — Æнафон у. — Куыд æнафон у?! Мах иуæндæс сахатæй раздæр никуы схуыссæм. — Уагæры кусынмæ цафон ацæуыс? — Авд сахаты æрдæгыл. — Уæдæ райсом кусынмæ нæ цæуыс? — Нæ цæуын. Кæм сæмбæлдзыстæм? Стæй кæд? — Дæс сахатыл райдайдзæн не ’мбырд. Æз дæм æрба- цзурдзынæн. Æрмæст-иу телефон дæхæдæг сис. — Хорз, мæхæдæг æй сисдзынæн. — Дæ мадæй æфсæрмы кæнын. — Омæ хорз. Машинæйыл æрæгмæ куы фæхæст уон, уымæй мæхæдæг цæр фæтарстæн. Элинæ дæр мæ сдызæрдыг кодта æмæ |)æстæмæ фистæгæй рацыдтæн. Мæхимæ цыдæрхуызон ээнæбон фæкастæн. Элинæйыл æндæр уавæрты куы сæмбæл- л;аин, уæд мæхи дæр æндæрхуызон дардтаин. Иуæй, уазæг уыдтæн æмæ мын ме уæнгтæ уый куыддæр ныббаста. Цыма угæ мæ къухыл хæцгæ хонын хъуыд, уый хуызæн мæхи эенкъардтон. Элинæйы куы рауагътаин, уæд аэропортмæ дæр иæ размæ рацыдаид, фысымуатмæ мæм куыд æрбацыд, афтæ. Театртæ æмæ йæ æндæр рæттæм дæр æз хъуамæ хуыд- гаин, уый та-ма мын рагацау билеттæ дæр ссардта. Æппæт уыдæттæ мæ ахæм уавæры сæвæрдтой, æмæ мæхимæ æххæст адæймаг нал кастæн. Уыдзæн ма.
ТЫДЖЫТЫ ЮРИИ МÆ УДЫ РИС ЦÆМÆН Дæ зæрдæйыл, Ирыстон, Фъ:дæхы зæй цæуы, Дæ зæрдæйыл, Ирыстон, Фыдохы дур лæууы. Дæ ныфсы стьалы — уазал, Дæ ныфсы стъалы — тарф, Лæгдзмнад дард фæлыгъди, Æрнъ!гъуь:лд мнгъты арф. Кæм н дæ нæргæ намыс, Кæм и дæ нæргæ кад, Дæ иугæнæг ныхасы Æмбисонды бæркад! - Кæм ныттæгæл дæ хотых, Кæм ныттæгæл дæ уарт! Дæумæ æргомæй дарынц Тыхгæнджытæ сæ кард!... Дæ хицæуттæ æвадат, Сæ гуыбынтæ—æфсæст, Сæ бæллицтæ — галуантæ, Сыгъзæринтæ æрмæст. Кæнынц дын уæй гæбазгай ’Дæ чЫсыл зæхх, кæмæн!! О, къахынц дын уæлгъæдæй, О, къахынц дын ингæн!.. ЦЫ ФÆЦИ?. Цы уынæм нæ азты, Цы. уыкæм нæ царды! Мах бафтыдтой мастыл, Мах бафтыдтой кордыл. Æлгъаг нын рæмудзы Нæ бæллицты мæсыг, Нæ уадултæ судзы Нæ зæрдæты цæссыг. Йæ базыртæ сцагъта Æввонгæй зыддзинад, Йæ уæз ныл æруагъта Мæгуыры зындзинад. Ныккодта фыд рæстæг, Ныппака мæнгдзинад... Цы фæци нæ бæстæ, Цы фæци лæгдзинад!... ДЫ ФЕХÆЛДТÆ... Ды фехæлдтæ, Райгуырæн бæстæ. Ды фехæлдтæ!... Хицау дын нæй!.. Дæу тоны æлгыыстаджы рæстæг Мæнгдзинады судзгæ рынæй. Тымыгъ дæм, фæйлаугæйæ, стызмæг; Æрбгдт дыл бæзджынæй мылаз. Дæ уалдзæджы раивта зымæг, Дæ арвæй нæ зыны гæбаз. Дæ зæрдæ фырмæстæй æнкъуысы, Дæ зæрдæ фырмæстæй ныссау. Дæ зарæг ныр маройау хъуысы, Дæ зарæг — æнæныфс, уæззау... Дæ дидинæфтауæг рæувæндтыл Æхцомæн гадзрахат лæууы, Æмæ дын дæ сæфты пырхæнтьш Сыгъд бæласæй халон кæуы. 64
***** Дæ сæрмæ арв ныттыппыр мигьтæй, Мæ Ирг æмгуырæй дæм лæсынц Æлгъысты кæлмытæ фыдохы, Пыхсытæй бирæгътæ кæсынц. Цæвынц дын тугмондаг лæгсырдтæ Дæ зæрдæ хотыхы рынаей, Дæу схойынц айнæг-былæй коммæ, Фæлæ сын макæ зæгъæг нæй. КÆД ЗÆГЪДЗЫНÆ?. Нæ мæстæлгьæд бæстæ, Нæ мастæлгъæд Ир, Дæ бæллицты хуымы Кæд нæрсдзæн æфсир! Кæд нал лæсдзæн тарæй Дæ арвыл мылаз, Дæ уагмæ фæлитой Кæд кал хæсдзæн лаз! Дæ зæрдæйы зарæг Кæд атæхдзæн дард! Кæд судздзæн цыренæй Дæ къонайы арт! Кæд зæгьдзынæ фидар Дæ сæры цытæн: Ныр бамбæрстон царды Æз чи дæн, цы дæн!.. Нæ быдыртæ, фæзтæ — Нæ царды фæрæзтæ, Цæнгтæй сыл куы ’ххæссин,- Нылвасин сæ риумæ. Ир уарзын бæлгæйæ, Ир уарзын зæрдæйæ, Цæнгтæй йыл куы ’ххæссин,- Нылгасин æй риумæ. АХÆМÆН... Ирыстоны мæстæй Цы адæймаг риссы, Цы адæймаг тæхы Йæ сидтмæ фæдисы; Ирыстонмæ арвæй, О, чи хæссы хуртæ; О, чи рын æвæры Йæ мæсыгыл дуртæ; ЗÆРДÆЙÆ Æз уарзын сæуæхсид, Æз уарзын зæрæхсид, Цæнгтæй сыл куы ’ххæссин,— Нылвасин сæ риумæ. Æз уарзын нæ хæхтæ, Æз уарзын нæ рæгътæ, Цæкгтæй сыя куы ’ххæссик,- Нылвасин сæ риумæ. Ирыстоны катай Цы адæймаг зоны, Хæрамы сындзытæ Цы адæймаг тоны; Ирыстоны зарæг Цы адæймаг кæны, Цы адæймаг уымæн Йæ бæллæх ныгæны; Гъе, ахæм мыл хинæй, Фæлывдæй нæ разылд, Гъе, ахæм мын балцы Æмвæндаггон разынд. АДÆММÆ Рахатт дыл хъысмæт зыгъуыммæ, Акæс дзаг цæстæй дæ хуыммæ, Нæй дзы бур мæнæу, бæгуы. Уазал удхæрдты быхсгæйæ, Стыр хъæздыг бæсты тыхсгæйæ, Ды — бынтон гæвзыкк, мæгуыр. Цæй, цы дыл æрцыд! Нæ зонын... Цæй, цы дыл æрцыд! Зындоны 5 Мах дуг № 1 65
Дæу ныррæхуыста тымыгъ, Æви кусгæ нал фæсудзыс, Æви хæхтæ нал рæмудзыс, Уæнгты байсысти дæ тых!!.. Цæй, æгъгъæд æлгъит Хуыцауы. Цæй, æгъгъæд! Ныууадз йæ фауын, Дардмæ алидзæд дæ сон... Курын, мауал кæн æрхæндæг, Цавæр разындтæ дæхæдæг, Ис дын ахæм хицау, зон!.. ФЫДОХЫ ЗАМАН Карзæй фæлæгæрдынц мигътæ, Бамбæрзтой урс хæхты тигътæ, Зæххыл ныддæвдæг и тар, Цыма куырмæджы мæйдар. Не знæгтæ сдардтой сæ сæртæ. Не знæгтæ! Маргæй-сæ зæрдæ, Байдыдтой бирæгътау, офф, Сусæг-æргомæй хæлоф. Бабын, лæзæры рæстдзинад; Сæлдар и, спаддзах мæигдзинад, Райста джебогъимæ кард, Алы ран бафтыдта арт. Сæмхæццæ, сарвистон бæстæ; Фендæр й, сабухта рæстæг... Дзурынц: «Бæркадджын — уæ сом». Дзурынц:« «Фæрныг уыдзæн сом; Цард уын æрхæсдзæни уалдзæг, Амонд уæм дидинæг калдзæн!..» Афтæмæй былыл лæууæм, Афтæмæй сæфтмæ цæуæм. Тухæнты сфæлтæрæг адæм, Ма бамбæхс утæхсæн уадæй, Ма бауадз хауын дæхи, Айтындз лæгдзинады хид!.. ДЗУЦЦАТЫ ЭЛЬБРУС НОГ ИР Иу райсом раджы Джеоргуыбаты (Фыдгулы хъавд уа? Нæ цины бадт нын Фенад уа хъуамæ!) Хур Дурджын бæрзонд Йæ рæсугъд тынæй Нæма сфæлыста, Хъæриуы риуыл Нæма сæмбæлди, Дзауы къуылдымтыл Нæма æрзылди, Раст уыцы афон Иры фæсивæд Æмзондæй растынц. Иры кæрæттæй Зилахар фæзмæ Се ’ргом куы раттынц. 66 9
Рæсугьд фын уынын! Мæ зонд мæ сайы! Сæ бæрæгбоныл Æмзондæй райынц! Сæ раг бæллæхтæ Сæ цæстыл уайынц! Кæсут-ма дæлæ: Арыхьы рæгътæй Сæдæ барæджы Ут-ут лæппутæ Æхтонгæлвæстæй Куы рараст вæййынц. Сæ цапуал цыдæй Куы нал æнцайынц. Уæлладжыргомæй Фæдисы уасæг Нæма ныууасыд. Сæдæ барæгæн Сæдæ саулохы Сæ быны схъазыд. Сæ сæрмæ уæлдæф Уылæнтæй ризы. Кæдæм фæуайынц! Кæдæм фæбырсынц! Мыййаг, фæдисы! Æрыдоны дон Йæ сабыр цыдæй Куы раивылы. Сæрæн фæсивæд Æз-раздæронæй Куы раивылы. Æрыдоны дон Сæумæдæвдæджы Йæ барцæй хъазы. Сæ цъæхснаг зарæг Цъæхснаг уæлдæфы Куы ныццæлхъ ласы. Елхот дæр уæдæ Фæсте кæм баззад! Нæ гыццыл Ход дæр Фесхойы размæ, Хъобан, Дыгургом, Даскъоф, Хуымæллæг— Зынæг ма чи нæй! Кæй та не ’вдæлы Йæ хъазты цинæй! Йæ бæрæгбонæй! Кæдæм фæуайынц Уый бæрæгбонæй! Цы сыл рахатти! Цы ’рцыд сæ уагыл! Цы зæд атахти Сæ сæрты уагæр! Хазбийы фæдис — Нæ хъыг, нæ фæдис! Нæ уæнджы хъары! Чермены «мардзæ» — Мыггагмæ хардзау! Мæстæй нæ мары! Фæсмон нæм æрцыд Фæдисы заман! Мæ удыл хæцæг Иры байтаман! Быдырæй хохмæ Фæдисы тохмæ Æмвæндон систы, Фыдæхы сонтыл, Гæлиртæ зондыл Сæ къухтæ систой! Уæд Ног Ир райгуырд! Зæронд, фæрныг Ир Йæ гаччы сбадти! Æрц тох, лæппутæ! Æрц-сой, чызджытæ! Джеоргуыбатæ, 1991 аз
ТЕМЫРАТЫ ДАВИД ЗАУЫР ÆМÆ ЗАУБАТЫР Цыууæархаидон, авднывон драмæ АРХ Ай ДЖЫТÆ: Заубатыр —партизанты раздзог. 3 а у ы р — сидзæр лæппу, Угъалыхъы æххуырат. Угъалыхъ — хъæуыхицау, бонджынтæй. Б а б и л а — йæ ус. Д у д у — сæ фырт. Хадизæт — Бабилайы æфсымæры чызг. У ы р ы с х а н — Урс æфсадЦ булкъон, æфхæрæг отряды балхон. Д з и п п а — йæ адъютант. Хъазахъаг — хъахъæнæг. Архайд цæуы 1919 азы сусæны мæйы, Цæгат Ирыстоны хъæутæй иуы. ФЫЦ11АГ АРХАЙД Фыццаг ныв Быдираг хъæу. Уынг стыр цъæхсæр хæдзары раз. Бæгзонд быру кул- дуар æмæ къæлиткæимæ. Хæдзары ракомкоммæ бæлæстæ. Уыдоны бын фæхсЬандон. Фæсхъæу хæрзæввахсæй зыны хъæд, дарддæрæй — хæхтæ^ Фæсæмбисбон. Уырысхан æмæ Угъалыхъ æдзынæг кæсынц фæссценæмæ. Уырдыгæй хъуысы бирæ адæмы хъæлæба, хъæртæ. Хъæлæстæ. Цæуыл æй марут, гормæттæ, цы уын кодта уагæр? — Тæригъæд та куыд нал зонут, адæм? — Æгонгæй, афтæ йын хъæуы! Партизанты дзырдхæссæг, дамг у! — Партизантæ дын дæ хист ахæрæнт! — Æгъг^ъæд! Уый уæ хъуыддаг нæу! — Куыд нæу, куыд? Уæдæ кæй хъуыддаг у? — Уæдæ, уæдæ, адæм не стæм æви? Тынг схор-хор кодтой. Д з и п п а (хъæлæс). Ныхъхъус ут, зæгъын, æз! Цæ-æ-й! (Фæцыд гæрах. Иууылдæр фæхъус сты. Бæлвырддæр райхъуыстысты нæмджыты» ехсы къæрццытæ æмæ сæ «нывонды» хъæрзын. У ы р ы с х а н. Цæгъдын сæ хъæуы! Ауындзгæ, æхсгæ! Æндæр адон- мæ ’ницы бахъардзæн. Угъалыхъ. Хæстæгдæр сæм бацу, дæ бæрзонддзинад, уадз æмæ дæ уыной, сæ тас фылдæр уыдзæн. У ы р ы с х а н. Нæ уарзын уыдæттæм кæсын. 68
Угъалыхъ. У-у, гауыримассыдз, уæддæр куыд нæ сæтты! У ы р ы с х а ы. Басæтдзæни, багъæц, йæ ныхбынтæ йын судзинтæй куы «ахъыдзы» кæной, уæд. Партизантæн канд сæ бынæттæ нæ, фæлæ ,ма сын сæ хæйрæджыты нæмттæ дæр скалдзæн. Намæ уый нæй — ауындзгæ, æхсгæ! Гъе стæй уын хъæуы астæу уæ зæронд хæрджыты сбæгънæг кæн- дзынæн æмæ топпы фатæй нæмгæ! 1\æд уыдон рæдаудæр уаиккой ныхасмæ. У г ъ а л ы х ъ. Хъæуы хистæрты? Бахатыр кæн, булкъон... У ы р ы с х а н. Господин булкъон! Угъалых’ц 0, господин булкъон. Хатыр бакæн, æгæр дæм кæй уæп- дын, фæлæ... уый гæнæн нæй. Ахæм худинаг нæ ныббардзысты. Уымæй сæ бынтондæр нæхиуыл ардауæм. Агъуыд куыйтау нæм фæлæбурдзысты æмæ сæ уромæг нал бауромдзæн. У ы р ы с х а н. Æз сæ бауромдзыиæн, æз! Мæ коммæ куы нæ кæсат, уæд ацы хъæу сармадзантæй уæлдæфмæ сисдзынæп! Дур дзы дурыл куыд нал аззайа! У г ъ а л ы х ъ. Хуыцау бахизæд, дæ бæрзонддзинад! Мах та цæуыл сафут? Хуыцау ме ’вдисæн, æз... Уырысхан. Хъæуыхицау дæ! Дæуæй хуыздæр чи хъуамæ зона, уьщы абырджыты ахстон? Кæдмæ цоппай кæндзынæн мæ мидбынаты? Мæ адæм мып куы скуынæг кодтой?! Иуырдæм арвитыи æмæ сæ пыххафыпц! Иннæрдæм арвитын — уым дæр та афтæ. Уыцы Заубатыры фæд куыддæр ацахсын, афтæ уайтагъд æрбадæлдзæх вæййы. Цæмæй мын базоиы мæ фæндтæ! Кæимæ баст у хъæуы цæрджытæй? Чи у йæ хабархæссæг? Кæм арынц хæлц? Мин фарстайы, хъæуыхицау, мин æмæ дæм сæ иуæн дæр бæлвырд дзуапп нæй! > Фæзæй æрбайхъуыст хъæлæба. Адъютант! У г ъ а л ы х ъ. Дзиппа! Д з н п п а (рауад\. Хъусын, дæ бæрзонддзинад! ’ У ы р ы с х а н. Зæгъ ротмистрæн: ауындзгæ! Уадз æмæ бахъара ацы фосы мыггæгтæм! Цæугæ! Фезмæлут! Æ,мæ фæз адæмæн асыгъдæг кæнут! Д з и п п а. Хъусын, дæ бæрзонддзинад. (Ацыд). У ы р ы с х а н. Ды та... Къуырипы бонмæ мын уыцы Заубатыры фæд! Къуырибонмæ! Хъусыс?! Угъалыхъ. Хорз, хорз, дæ бæрзопддзпнад, цы нæ бон уа, уымæй .. У ыр ы с х а н. Уæ бон уа, нæ уа — уый мæ бардзырд у! Фæзæй хъуы- сы адæмы хъæлæба, ниуын, æлгъитын. Исдуг фæхъус сты, стæй æвиппапды уыциу æмбу ныккодтой, раст цыма æгас хъæуы цæрджытæй иумæ ныхъхъæр- зыдтой, афтæ. Хъæлæстæ. Ахтемыр! — Амардта йæ! —О, Хуыцау, фæтæригъæд кæн! — Æлгъыст фæут, лæджыфыдхортæ! — Арв уæ ныццæвæд, арв! — Йæ хал ын ахæрут! Уæ сау туг фæкалут! — Æгъгъæд! Ныххæлиу ут! Рæвдздæр! Рæвдздæр! Нæ хъусут æви? Уæ хæдзæрттæм тагъд! Фæцыд гæрах. Хъæлæба сабырдæргæнгæ цæуы, стæй бынтондæр æрмынæг. 69
У ы р ы с х а м. Абон уал сын æгъгъæд1 (Араст). Ьъалыхъ. Иу хъуыддаг ис... Уæндгæ дæр дæм ницы уыййас кæ^ шлн, фæлæ йын æнæ зæгъгæ дæр нæй. Уазæг нын дæ, уазæг æмæ иу æвдæ-5 лин рæстæг куы саккаг кæнис... Иарæби, мах дæр цæхх æ,мæ кæрдзынæй| дæрæм. • ’^ У ы р ы с х а н. Нæй. Угъалыхъ. Хатыр бакæн... нæ дæ бамбæрстон... цы нæй? У ы р ы с х а н. Æвдæлон рæстæг. | Угъалыхъ. Казрдзын бахæрынæн? Уæууа, уый та куыд? Дæ хорзæ- хæй, дæ мад, дæ фыды хатырæй! Ма фæзивæг кæн... У ы р ы с х а н. Нæн. Чи зоны, фæстæдæр... ныр та — хатыр. Угъалыхъ. Хорз, хорз, фæстæдæр... Изæры дæм бауайдзынæн, дæ бæрзонддзинад. (Йæ къух æм бадаргъ кодта. Булкъон æм кæсгæ дæр нæ фæкодта, ацыд.) , Æрсабыр æй хъæуы исты амалæй, кæннод... (Паузæ.) Къуырибонмæ, дам, Заубатыры æри. Куыд? Кæцæй? Йæ зæгъып æнцон у... Йæ зæрдæ йын истæмæй балхæнын хъæуы! (Къæлиткæйыл бахызт. Фæзырдыгæй æрбацыды- сты Зауыр æмæ Хадизæт). I 3 а у ы р. Цæй-ма, Хади, мауал ку! , Хадизæт. Цавæр æгъатыр сырдтæ сты, цавæр?! Мæгуыр йæ бон, ныр йæ мад куыддæтæ уыдзæн? (Кæуьи) 3 а у ы р. Фæлæуу-ма, цæй. Ехх, ныр Заубатыр ам куы уыдаид! X а д и з æ т. Бæргæ, фæлæ уый дæр куы фæхъæуы, уæд... Æниу ын уый дæр цы акодтаид, утæппæт æфсад... Хъус-ма, Зауыр, гм... йед у... Ра- гæй йæ нал фед^гай? 3 а у ы р. Рагæй. Дыууæ къуырийы бæрц. ^ X а д и з æ т. Мæгуыры бонтæ! Маци йыл æрцæуæд? 3 а у ы р. 1\æуыл? «Æрцæуæд» йед! Уæд æй æгас хъæу дæр хъусид. Стæй канд мах хъæу иæ! Цымæ Заубатыры чи нæ зопы, ахæм искуы ис?! X а д и з æ т. Омæ, уæдæ цы фæци? Хъус-ма, Зауыр. Æз... йед... Зауыр. Цæй-ма, цы ныссуйтæ дæ? X а д и з æ т. Æфсымæр мын нггй, фæлæ мын куь* уаид, уæддæр мын, цыма, ды адджындæр уанс! Бауырнæд дæ... 3 ауыр. ^Уырны мæ, Хади. Мæнæн дæр раст цыма мæ мады зæнæг^ дæ. X а д и з æ т. Зпуыр, мæ къона, базон ма йын нсты уыцы... 3 а у ы р. Заубатырæн? Цæй, æз дæр сывæллон нал дæн... цыдæртæ ’мбарын... X а д и з æ т. Цæй-.ма... Æз дын иу ныхас кæнын, ды та... 3 а у ы р. Нæ зонын, Хади. Хъæуæй зын ахизæн у. Фæндæгтыл æмыз- мæлд кæнынц, алы ран хъахъæнджытæ. Сæргуыбырæй рацыд Дуду. Æрбадт^ Иу ранмæ ныджджих. (Дудуйæн.) Цы ^ртъæпæн дæ ам? Бауадз нæ аныхас кæнын, (Дуду йæ нæ хъусы. Хадизæтæн)'. Федтай? Нæ мæм дзуры йæ бæр- зонддзинад. (Дудуйæн.) Хъуса, мæлæты æнæрвæссон нæ дæ? , Дуду^ иннæрдæм азылд, аивæй йæ цæстытæ асæрфта. Г’ъей, нæ хъусыс æви? (Басхуыста йæ). Д у д у. И? Мæнмæ исты дзурыс? 3 а у ы р. Æз дын... Адде у, зæгъын, ардыгæй, кæннод дыл мæ маст... (Иæ цонгæй йæ фехрта.) 70
Д у д у. ’ Фæлæуу-ма! Мæ базыг мын фæцæйрæмыгътай.. 3 а у ы р. Æллæх, ферох мæ, æвналæн дæм куы нæй. Ды нын йæд куы дæ. Мæнæ... зæды къалиу. Æццæй? Д у д у% Æнæнхъæлæджы мæм фæлæбурдтап æмæ . 3 а у ы р. Омæ, авзарæм «æпхъæлæджы» дæр! Д у д у. Пыууадз ,ма, цæй. (Фæцæйцыд.) Зауыр. Ауаи, ауай, Чырыпнйы лæппып, кæниод дыл бандзæвæн нæй æмæ дæ æнæбары исты куы асæттон, мыййаг. Д у д у (æрлæууыд, исдуг æм фæкаст, стæй тæригъæдгæпæгау). Цæп мæгуыр дæ, цæй. 3 а у ы р. Æмæ ды цæмæп хъал дæ? Дæ хуырым фыдæй? Æллæх-æллæх, мæлæты лæг. Цы дæ, цы æнæ дэе фыд? Ницы! Лæппутæ ма дыл зарæг дæр куы скодтой. Д у д у. Цавæр зарæг? Зауыр. Нæма йæ фехъуыстай? (Хадимæ.) Ды мс ’вдисæн, йæхæдæг мып зæгъы. (Зарæгау бакодта.) Сæ къæбыла, да,м, ой, зæбулхъус у, гъей, Сæхи Дуду та тæппуд тæрхъус у, гъсй! Йæ ныфс^' йæ хъару — йæ барджын дада, гъей, ’ Цæттæ йын дары, уый адджын гага, гъеп! \ Б а б и л а (хъæлæс кæртæй). ! Хадизæт, мæ хур. Цы фæдæ, цы? Нæ хъусыс æви? Марадз, дон æрбадав! V X а д н з æ т. Фæцæуын, Бабпла. \ Зауыр (Дудуйæн). Хорз зарæг нæу? Хъуса, зондджын куы дæ, чнн- гуытæ куы фæкæсыс, зæгъ-ма: гъер, мæнæ ды, Угъалыхъы ницæйаг лæппын, мæ хицау цæмæн дæ? Æви тыхджындæр дæ мæнæй?. Йе зоидджындæр, сæ- рæндæр? Д у д у. Нæ зонын. Уымæн æмæ... дæу.!. æлхæнгæ бакодтам. Дада дæ балхæдта. 3 а у ы р. «Балхæдта» нæ, фæлæ баххуырста, Дуду. Æви уын æлхæнн- наг. кæнæ уæй кæнинаг къæцæлын чындз дæн? И? Д у д у. Нæ зонын, дада фæзæгъы афтæ. 3 а у ы р. «Нæ зонын». Уæдæ цы фæзмыс дæ фыды ныхæстæ? Тути! Д у д у. Дæхæдæг тути! \ 3 а у ы р. Гъей, ма кæн, кæннод дын дæ дæндæгтæ базгъæлæн кæндзынæн! • Хадизшт. Мæгуыры бонтæ, цæй-ма, цы| йæ баййардтай? 3 а у ы р. Уæдæ мыл цы былысчъилтæ кæны? Д у д у. Ницы кæнын былысчъилтæ, цæп1 Фæлæ Ахтемыр... Зæгъ-ма, Хади, цæмæн æй амардтой? 3 а у ы р. Уымæй дæ фыды бафæрс. Чи у, уый зоныс? Хъæуыхицау нæ, фæлæ Хъæухор бирæгъ! Фæдысмудæг! Уæйгæнæг! О, о, иууылдæр æн афтæ хонынц адзЕум! Дæу та — «уæйгæнæджы лæппын». Дуду. Цы загътай, цы? Уæйгæнæг? Мæ фыд?! Зауыр. О, дæ фыд! Ахтемыры дæр уый банымыгъта! Д у д у. Нæ! Нæ! 3 а у ы р. Мæхæдæг сын фехъуыстон сæ ныхас Дзиппаимæ. Мæнæ ацы тæккæ ранг. I Д у д у. Сайыс! Хади?! П
Хадизæт иннæрдæм азылд. (^^^ырæн) Ды... ды... Æз дын... о а ) ы р. Уæдæ) ма бавнал! Афтæ ма мыл де ’нгуылдзы кæронæй дæр аидз&.в! X а д и з æ т. Æгонгæй, Дуду! (Иргъæвы сæ.) Цæй, о, ма та фæхыл ут! Лæппутæ кæрæдзимæ фæлæбурдтой, хъæбысæй хæцгæйæ ратул-батул кæнынц, стæй Дуду фæбынæа. 3 а у ы р. Ауыстæн æз дын... Д у д у. Цæй, хорз, суадз! Зауыр. Ныххурх дæ кæндзынæн! Уæддæр мæнæн уæлдай нал у! (Хадизæт сæ баиргъæвта.) Д у д у (исдуг ма бадгæ аззад). Ау, дада?.. (Кæуы.) X а д и з æ т. Æрсабыр у, мæ зынаргъ! 3 а у ыр <(Дудуйæн). Цæй, ацу цалынмæ дæ инчи федта, уæдмæ. Рацыд Угъалыхъ уыдон æй нæ уыньищ Дæ зæрдыл бадар: алчндæр йæхицæн лæг у! Æз дæр, иннæ дæр. Угъалыхъ. Æ-гъа, уæдæ! (Худы.) Гъеуый дын? «лæг»! Аргæвстай мæ, пехуымпарыстæн. Ничи йæм хъусы, æз дæр, дам, лæг дæн. Гъей, æры- хъус-ма, «лæг»! Уа-артæ ма нæ дыргъдоны халæттæ тæрсынгæнæнæй слæуу. Зацманай быдыргъы уыдзыпæ... Дæ дон кæм и, чызг? (Хадизæт ацыд.) (Дудуйæн.) Уый дæм куыдтæтæ уæнды, уый, де ’лхæд базайраг, дæ уаргъ- хæссæн хæрæг, дæ къæсæрыл баст куыдз? Уый хъуамæ зона, дзæгъæл рæйд куы кæна, уæд йæ хос мæнæ! (Ехсæй ныццавта Зауыры.) Д уд у. Дада! 3 а у ы р (йæ маст уромгæйæ). Цæмæн мæ нæмыс? Æххуырст, зæгъгæ, уæд... Исты дып фос дæн? Æпаххосæп мæ> цæуыл... Угъалыхъ. Фæстæмæ ма рæй, зæгъын æз! Фæлæуу, æз дын сæ «аххосæй» æнаххосæй дæ удæй сласдзынæн! -* Æрхуыгуырд (хъæлæс). Гъе-е-ей, хорз адæм! Чи ныхасы тас? Чи æндадзы аг? Рахæссут цайдантæ, ведратæ, гогонтæ... Угълыхъ (Дудуйæн Зауырмæ амонгæйæ). Уыныс, куыд скъæйных? У-у, джауыр, йæ цæст дæр куыд нæ ныкъулы?! Æдзæсгом, налат! (Дуду- йæн.) Афтæ «Зондджын» кæиынц, сæ хæмхудтæм сын афоныл куы нæ зи- лай, уæд. Лæг дæ, пыр, лæг, æмæ сын лæджы ,митæ кæн, семæ джиуыны бæсты. Ды та? Ехх... Хъæмæ! (Ацыд. Дуду кæртмæ бацыд.) Æ р х у ы г у ы р д (хæстæгдæрæй). Æрхуыгуырд æрбацæуы, кæй хъæуы, уый рацæуæд! Мигæнæнтæ рахæссут, ныхæстæп сæ ахæссут^ Цайдзн-майдан, гогои-могон. X а д и з æ т (рацыд, йæ гогон æрæвæрдта). Мæгуырæг, фæнадта та дæ? 3 а у ы р. Нæ. Ехх, ныр æхсыры сæндæг! Кæиæ, хъарм кæрдзын хъæбæр пыхтимæ! X а д и з æ т. Æндæр дæ ницы хъæуы?! Дæ гуыбын дзы куы фæрисса, мыййаг. Хуырхæй уал æй куы бафсадис, хуырхæй. Цом, æз дын сусæгæй псты авæрон. Æ р х у ы г у ы р д (бынтон хæстæгæй). Æмпъузын, ныхасын, æхсидын, æндадзып, къалайæ сæрдын. (Рацыд, йе ’ккой цыдæр мигæнæнты баст, й&\ къухы лæдзæг.) Бахатыр кæн, хорз чызг, дæ донæй ма мын авæр. (Ие ’нгуылдз йæ былтыл авæрдта, ома «æнцад ут», зæгъгæ.) X а д и з æ т. Заубатыр?! 72
3 а у ы р. Æцæг?! Мæнæ диссаг! (Йæха йæм баппæрста.) Æрхуыгуырд. Тсс! Æрхуыгуырд дæн æз! Хадизæт. Дæхи сафыс æвп? Цавæр дæ, цавæр? Æрхуыгуырд. Тæрсгæ ма кæпут! Хади, фалæрдæм ма дæ цæст фæдар. X а д и з æ т. Ныртæккæ. (Азгъордта.) Æ р х у ы г у ы р д. Зауыр, замъ-ма, адæмы цæмæп æрæмбырд кодтойг* 3 а у ы р. Сход та сарæзтой. Æ р х у ы г у ы р д. Цæи фæдыл? 3 а у ы р. Дæу агурынц. Уæ бынат. Æрхуыгуырд. Ахтсмырæн ницы базыдтан? 3 а у ы р. Æрцауыгътон йæ. Да-алæ фæзы. Ницæуыл басаст. Æрхуыгуырд (кæсы фæзырдæм). Ныббар, Ахтсмыр! Ныббар, ме ’фсымæр! Бапрæджы кодтоп! Хъуамæ йæ ахсæв аскъæфтаиккам, кæн- дæргимæ нцхасгонд уыдгген. | Б а б и л а (хъæлзгс кæртæй.) Хадпзæт! Цы та фæдæ, мæ хур? X а д и з æ т (рауад). Мæнæ, ,мæнæ! Бабила (къæлиткæйæ ракаст). Омæ, гормон, дæумæ кæсын, дæумæ, дæ рын бахæрон Уый та чи у? Хадизæт. Уый та... Мæнæ... гм... æрхуыгуырд у. Æрхуыгуырд (Хадизæтæн). Ды мæнæн нартхор дæттыс, æз та дæуæп къала кæныс... Б а б и л а. Æрхуыгуырд, зæгъыс? Ауай, ауап; хорз лæг, ахæдзары дæу аккаг куыст нæй. Æ р х у ы г у ы р д. Цæуын, цæуын, хорз ус. Бабила. Фез,мæлут, Зауыр, Хади! Уыцы лæг та булкъопмæ хонæг фæцæуы. Афтæмæй куы сразы уа, уæд нæ æдзæттæйæ ма ’рбанпафæит... Дæ-дæ-дæп, бахæрдзæи пæ цæрдудæй! (Фæаууон кæрты) Æрхуыгуырд. Уæдæ уæм уазджытæ уыдзæн, и? (Ракæс-бакæсгæн- гæ.) Уæ хъус- иу дарут булкъоны ныхæстæм. Зауыр, фен-ма, фæзы салдæт- тæ иæй? (Зауыр фæаууои.) Цæй, куыдтæ цæрыс? X а д и з æ т. Гм... Мæгъа .. дзæбæх. Мæнæ... къухмæрзæи дын бахуыд- тон. (Дæтты йæм къухмæрзæн.) Мæ номыл æй фæдар. Хатыр бакæп... кæд æгæр къæннык дæи.. Заубатыр. Фæдардзынæн! Ан-гъай! Фыдбылызтæй хизæг амонды чипыгау! Ехх, Хади... 3 а у ы р (æрбауад). Ничи дзы ис! Заубатыр. Цæй| (Хъæргæнгæ ацыд.) Рахæссут цайдантæ, ведра- тæ, тастæ! X а д н з æ т. О, Хуыцау, ауадз æй дзæбæхæй! 3 а у ы р Тсс! Ацу кæртмæ! Æсиппайды райхъуыст хъæлæба, хъæртæ: Д з и п н а (хъæлæс). «Æрлæуу!», «Дæ гæххæттытæ!» Хадизæт (фездæхт). Мæ хæдзар фехæлд! 3 а у б а т ы р (хъæлæс). Æрхуыгуырд дæн æз... Д з и п п а (хъæлæс). Сайыс! Партизан у’ Æрцахсут æй! Хæцут ыл! X а д и з æт, Дæ-дæ-дæй, Дзиппа йæ базыдта! Фæцыд гæрах, стæй бæхы къæхты хъæр адард. 73
Зауыр. Дзпппа — сыппа, хæцут ыл ныр! ÆрЦахсут дымгæ тыгъд '■ быдыры, арвы цъæхы, хъæды! , [ Æ м б æ р з æ н. Ды:скаг иыв Уат Угъалыхъы хæдзары. Къулыл гауыз, йæ быны стыр тъахтин, ’къуошы нсц, йæ уæлæ — фæтæгены Цырагъ. Дзаг фынджы уæлхъус бадынц Уырысхан æмæ Угъалыхъ. Сæ цуры дурынимæ лæууы Дуду. о г ъ а л ы х ъ. Фынгмæ ’внал, фынг,мæ ’внал, дæ бæрзонддзинад. Гъсй, хæдзар, цы фесгут, цьР Фажæсут уæ фынгмæ! Зæд нæм æртахтп, псхуым- пар шгм уæлæрвтæй æрхызти, пе ’фсин! У ы р ы с х а и. Цæй, хорз, хорз... «пехуымпар», «зæд». Афтæмæй мæ уæ хъæу куыд тагъд афæллад^! Хъаст, дам, кæныпц... У I ъ л л ы х ъ Ам дæуæй чн бафæллайа, ахæм бипонтæ иæй. Хъæу- аЗаттæ та .. уадз æмæ дзæгъæл дзырд кæной. У ы р ы с х а н Æмæ... уæддæр цы зæгъынц? Л;г ъ а л ы \ ъ. А-а, æмæ цы пæ зæгъынц. У ы р ы о х а п. Бæлвырддæр! Кæмæй æмæ цæмæй хъаст кæнынц? Угъалыхъ. Дзуæрттыстæн, Уырысхан, дæу кой ничи кæны« Фамæ, дам, дæ салдæттæ, дæ афицсртæ.. гм... У ы р ы с х а ц Цы? ; У г ъ ал ы х ъ. Адæмы фос æргæвдынц, джигултæ кæнынц, домынц иоз1, хæрд, стигъынц, марынц... суанг ма æнæгъдау митæ дæр... У ы р ы с х а н. «Æнæгъдау мнтæ?» и? Бамбарын афон у: æфхæрæг от ряд цыдæрнддæр кæны, уый адæмы пайдайæн! Уыдон ам дæу æмæ дæу хуызæпы хьахъæнынц! Уæ биношы, уæ хæдзæрттæ, уæ мулк! Сæхп цард та — абопæп раисоммæ! Иуæй-иу хагт — ноджыдæр цыбырдæр! Æмæ чы- сыл псмæмæ куы фæныхилой, уæд сын хатыр хъæуы... У г ъ а л ы х ъ. Æ-гъа, уæдæ! Раст мæхи ныхæстæ! Сымахыл у, зæгъын, дæ/æй уымæп йæ катап! Уымæн сын бары сæ фыдуæгтæ дæр йæ.дæлбар æфсæдтан. Уып, зæгьын, ахæм аудæг хицау у, ахæм,; æмæ.. 1 У ы р ы с х а н. Цыбырдæр, оу„ цыбырдæр! Цас фæдзурут* цас?! Уг ь а л ы х ъ. Дæ чс.мы та нæ дæ. Цыдæр у, уæддæр дæ зæр^æ ппцæмæп рухс кæпы. Кæд нæ фынг æгуыдзæг у, мыййаг? Гъей, цы фес- тут^ хæдзар^ У ы р ы с х а н. Пæ, нæ, хъуыддаг уый мидæг нæй. У г ъ а л ы х ъ. Бирæ хъуыддæгтæ уый мпдæг вæййыиц Лæппу, фынæй дæ, æви? (Дуду ^æм Озаг сыкъа дæггы.) Цæп уæдæ.. азмбал кæмачт пæй, >ыцы иу[ æ ’ кадджып Хуыцау ныи ахæм амонд саккаг кæпæд æмæ мæнæ т:æ хæдзарь цы буц уазæг сæмбæлд, уымæн йæ зæрдæ цы хъуыддæгтæм æхс’.пы .. У ы р ы с х а п (уайдзæфгæнæгау). Угъалыхъ’ (Арф ныуулæфыд.) Угъалыхъ. Хорз, хорз! Цыбыр дзырдæй,> æмбарыс мæ, Хуыцау.., Гъ’смæ, табу дæхицæн! (Анызта, сыкъа Дудумæ\радта.) Дуду сыкъа байдзаг кодта, Уырысханмæ йæ дæтты. У ы р ы с х а н Мæхи сыкъа, лæппу! \ Дуду йæм йæхи сыкъа радта. (У?ъалыхъæи) Оммсн! (Аиызта.) Бузиыг! 74
Угъалыхъ. Комдзаг акæн, Уырыс^ан, цавæр гуыххал дæ? (Зыд хæрд кæны, Уырысхан æм йæхи тыххæй уромы.) Фен ма сæ, фсн, дзуæрт- тыстæн... Уырысхан (йæхииымæр). Æнæфенд, æнæхафт... (Хъæрæй.) Фæлæуу- ма, цавæр цъæм-цъæм у?! Угъалыхъ. Æмæ цы кæны? Æгайтма цъæмкæнинаг ис.. (Хадизæт хæринæгтæ рахаста, фынгыл сæ æрæвæрдта æмæ ацыд. Уырысхан исдуг, йæ фæдыл кæсгæ аззад. Угъалыхъ ацахста Уырысх’аны цæстæнгас.) Лæппу, бæгæны дæм дзаг у? Марадз ма, ныккæндæй нын йæ уазалæй сдав. (Дуду ацыд.) У ы р ы с х а н. Чи дын у, чи, ацы чызг, Угъалыхъ? У г ъ а л ы х ъ. Мæ капс у. Ыæ зæрондæ^ йе ’фсымæры чызг. Сидзæрæн баззад æмæ пæ мæхæдæг фæхъомыл кодтон. У ы р ы с х а н. Задшанан чызг у. Хæрзконд, хæрзæгъдау. Дзæбæх æм базил, уыцы гуырыконд рæсугъд хъуымæцты стух, уæд бæсты фпдауц уаид! Афтæ пæу? У г ъ а л ы х ъ. Уæдæ къухæй дæр тыпг хæрзарæхст у. Исты ми акæнын- мæ — цæхаф! Иннæ ахæм нал фæндыры цагьд. Чызг! Кæм дæ, кæм, Ха/ы- зæт?! (Æрбацыд Хадизæт.) Иу цагъд ма нын акæн, бабайы карк, марадз, Аирхæфс нæ буц уазæджы, мæ хур. (Хадизæт фæндыр райста.) У ы р ы с х а н. Кæд дын зын нæу, уæд рагон хонгæ кафт. Бадгæ скал1, табуафсн. (Хадизæт лæугæйæ цæгъды Уырысхан æй йæ цæстытæй фæцæй- ныхъуыры. Цагъд фæци.) Дæ цæрæпбонтæ бирæ, Хадизæт. Фæрнæй фæдар дæ къухтæ! Хорз амонд дæ хай... (Хадизæт ацыд.) \ У г ъ а л ы х ъ. Исты ма сис дæ дзыхмæ, кæд ком нæ дарыс. Мæнæ æвæджнау лывзæ! Нæ сьтл ахæмтæм Хуыцауы æлгъыст у! Уырысхан (комдзаг кæны). Дæ бонæй уай, ахæм бшюйнаг кæ- мæн н! У г ъ а л ы х ъ. Дæ фыдгулыл дæр мæ бон акæпæд! г У ы р ы с х а н. Пæ дæ ’мбарын? Дæ пумпусимæ дыц хæлапæп куы мæлыцц? У г ъ а л ы х ъ. О, искæн... гонмаг, дам, цæсты тынгдæр ахады. Пумпу- >си бæргæ у, фæлæ тутт у, тутт. Ехх, афонмæ цы хæдзар уаип, цы, æфсшг дзы куы уыданд, уа?д, фæлæ... бадомдта мæ! У ы р ы с х а н. Æз га цæрæнбонты æнæ ’фсинæй афтæ бастадтæп. Цæ- рæпбонты рахау-бахау кæпын, æпæ’ къона, æнæ къай. У г ъ а л ы х ъ. Цæмæн афтæ? Уырысхап. Пæ мæ равдæлд, пу хæсг, ши^æ хæс, ацы рсволюци. Ныр та... æрæджиау ма.. У г ъ а л ы х ъ. Ма зæчъ. Æрæджиауы амонд дæр амопд у, Уырысхан. У ы р ы с х а н. Чи зоны, чи зоны. Мæ кар, ме ’рдхорд, мæ кар. У г ъ а л ы х ъ. Цы кæны дæ кар? Дæ быпаты æз фæстæмæ дæр н:е фæкæсин, уæллæй! ) У ы р ы с х а н. Æцæг? I У г ъ а л ы х ъ. Хъуыраныстæн дæр, Чырыстийыстæн дæр, агургæ ’мæ æнаргæ сиахсаг! У ы р ы с х ан. Дæумæ гæсгæ?.. У г ъ а л ы х ъ. Мæнмæ гæсгæ ахæм усг>рæп пагъ ничи зæгъид. 75
У ы р ы с х а ц. Ды та? Угъалыхъ. нæ дæ ’мбарып, æз цы? У ы р ы с х а н. Гм, цæй, æз æргом дзырд дæн. Салдат. Мæ зæрдæмæ 7ынг цæуы дæ чызг. Угъалыхъ. Æ-гъа, уæдæ! Рæстæгмæ усæн? Уырысхан. Цæмæн мæ ’фхæрыс? Ахæм бар дын нæ радтон! Угъал ы\ъ. Пыббар, фæлæ ды дæр... нырма хæрз æрыгон куы у... У ы р ы с х а н. Иæ рæсугъддзинад дæр гъс, уый мидæг ис! У гъ а л ы х ъ. Дыргъ пæ афопыл тындæуы. У ы р ы с х а н, Сæрдыгон дыргъ у, арæгъæд уыдзæн. У г ъ а л ы х ъ. Каддæр чп зопы, фæлæ пырма цъæх у. У ы р ы с х а н. Мæ мад, дам, цыппæрдæсаздзыдæй; æрцыди мæ фыдмæ. -Мæ дæлбазыр пæ цард æвзæр нæ уыдзæни!- У г ъ а л ы х ъ. Уыи тыххæй гуырысхо нæй, фæлæ... У ы р ы с х а н. Фæлæ цы? У г ъ а л ы х ъ. Куыд цы, куыд, Уырысхан? Сывæллон фæхæсс дæ дзы- хы ко.мдзаг, дæ тугвæллопæ, гъе, стæп йæ кæйдæр фыццаг скæн... Уырысхан. Æмбарыи. Ирæд дын мыггагмæпы фаг, дæ тъымы- тъыма, дæ хъæстæйы фаг, цæмæйдæриддæр бацагурай, уымæй. Цæй, разы? Æви кой дæр нæ? Уæд... У г ъ а л ы х ъ (йæ ныхас ып аскъæфта). Кой та цæуылнæ .. Цы фæдæ, лæппу, уыцы бæгæпы æлхæнгæ кæныс? Нæ хъусыс æви? Чысыл ма мын фæхатыр кæн, Уырысхан. (Лцыд.) У ы р ысх а н Хорз! Иттæг хорз, хæпрæджыты амæттаг фæуат!(Сыстад, йæхи аивæзтытæ кодта, рудзынджы цурмæ бацыд.) Бавзарæм та ацы хъазт дæр, и? Куыд загъта, куыд... рæстæгмæ усæн, дам? (Фæзынд Дуду бæгæныйы дурынимæ. Булкъон æй нæ уыны.) Æмæ цы кæны? Цы йын уыдзæни, фæллад салдаты иу чысыл арæвдаудзæни, уымæй? Ницы! Иинæтæн куыд ницы вæййы, афтæ! Мæнæн та... о, уый диссаг уаид, тынг. . уыцы æнкъарæптæ ма погæй бавзарын... ахæм бæдул дæ хъæбысы тыбар-тыбур кæны... Ехх... уып фæстæ цыфæнды дæр уæд! Зæгъæм: нæ рауадн пæ цард, ахпцæп <мæ,м.. Æрбацыд Угъалыхъ, йæ фæдыл Зауыры ласгæ. У г ъ а л ы х ъ. Цы мн кодтай рудзгуыты быи, цъаммар? Нац ныхæстæм хъуыстап? 3 а у ы р. Ницы уæм хъуыстоп! Бабила мæ арвыста рудзгуытæ, дам, сæх^æп. Угъп л ы хъ. Æма- сæ раджы куы сæхгæдтои мæхæдæг?! Зауыр. Æз æй цæмæп зыдтоп’" (Иæхи бустæгæнæг скодта.) Сæ иу афтæ зæгъы, иипæ уфтæ зæгъы, аххосджын та — æз Раст уай, зылын уай .. Угъалыхъ. Гъсри-гъа,( сбустаз мыл кæи, марадз’ У ы р ы сха н. Чи уын у, чи, ацы заммапан лæггаг? Зауыр. Æмæ сын цы нæ дæп? Фыййау, хъо,мгæс, уæлыгæс, хуыгæс, хъгедд*ау, хосдзау, куыройдзау. У1ъалыхъ. Æ-гъа, уæдæ! йæ бæттæн та рарæмыгъта де ’взаг. Аргæвстай дæхи. Кавннод мын лæвар кусыс! 3 а у ы р. Уæдæ цы кæнын... Гуыбыны дзагыл.
У ы р ы с х а н. Уæдæ, æвæццæгæн, абон йæ гуыбыи нæ байдзаг. (Æр- бадт йæ бынаты.) Авæрут ын исты, кæннод нæ сафы. Угъалыхъ (уый дæр æрбадт). Гъа! (Зауыры цурмæ дзидза бап- пæрста{ уый йæм не ’вналы.) Даа хорзæхæй, саккаг кæн, æрмæст нæ ныу- уадз! (Худы.) 3 а у ы р. Æмæ уын псты куыдзы къæбыла дæп? (Фæстæмæ сæм фех- ста сæ дзидзайы хай.) Угъалыхъ (мæстæй судзгæйæ). Уый’ та... æрыхъус ма, уый циу?! Нæ ахуыргæнæг-иу ахæм фыдуаг къухтæн цы кодта, уый зоныс? Нæ зоныс, нæ? Уæдæ пæ, дзуæрттыстæн, ныртæккæ... (Зауырæн.) Ардæм ма рауай! Дæ разы ма ехс æри! Дæ къухтæ! Фынгыл! Зауыр йæ къухтæ фынгыл æрывæрдта. Мæнæ-иу афтæ акодта иæ ахуыргæнæг. (Ныццавта йын йæ къухтæ.) Д у д у. Дада! Зауыр. Цы дын кодтон? Цæй тыххæй?! У г ъ а л ы х ъ. Ма рох кæнай дæ куыдзы бынат! 3 а у ы р. Никуы! Угъалыхъ. Фæлæуу, фæлæуу, æртхъирæн мæм кæныс? Æ-гъа, уæдæ! У ы р ы с х а н. Кæм ыл фæхæст дæ, кæ.м? У г ъ а л ы х ъ. Хъугæй йæ баивтон. У ы р ы с х а н. Ома? У г ъ а л ы х ъ. Фæсхохаг у, мæ дард хæстæг. Иæ фыды хистæн сын пу зæронд хъуг радтон. Æмæ йæ ракодтон. Ай та уал, зæгъын, ныммæлы- ны бæсты, хæдзары нстытæ змæлæд. Уалынмæ йæ мад дæр амард æмæ баззад ме ’ккон. Цы ма нæ фæкодтаин?! Цыр æм хъусыс? У ы р ы с х а н. Хъусын, хъусын. Цалынмæ æз æмæ ды партизанты фæдыл зилæм, уæдмæ сæ талатæ та, æпхъæлдæп, дæ тæккæ хæдзары сæ сæрггæ сдардтоп, афтæ иæу? « ч . У г ъ а л ы хъ. Гъей, Заубатыры джиттæлбос нын ма ’басгуых, мыййаг? Уырысхан (уайдзæфгæиæгау). Угъалыхъ?! (Зауырæн.) Æ.мбаргæ лæппу у, къабазджын, ныфсхаст. Хъæудзынæ мæ, æвæццæгæп, лæппу. Цæугæ. (Зауыр ацыд.) Амæй спайда кæнæн уаид... Фæлæ нæ уымæ нæма ’вдæлы ныртæккæ. Нæ ныхас... Д з и п п а (хъæлæс). Бацæуæн ис? У г ъ а л ы х ъ. Мндæмæ. Д з п п п а (æрбацыд). Æнамонд хабар, дæ бæрзопддзннад! У ы р ы с х а н. Дзургæ! Д з и п п а. Дуду, марадз, кæртмæ уал акæс. (Дуду ацыд ) (Уырысха- нæн.) Партизанты фæдагурæг цы къорд арвыстай, уыдонæи сæ размæ ба- бадгысты «тмæ сæ пыццагътой. У^ырысхан. Куыд? Кæм?. Кæй онг бацыдысты? Д з и п и а. Уыдæттæ дып поручик нæхæдæг радзурдзæп. Иупæг уый ма фервæзт. У ы р ы с х а н. Тæипуд! Кæм и? Дзиппа Шгабы дæм æыхъæлмæ кæсы, дæ бæрзонддзинад. У ы р ы с х а н. Базыдтой та нæ! Цæгъдып сæ хъæуы! Ауындзгæ, æхсгæ! (Угъалыхъæн.) Хатгай дæумæ дæр мæ зæрдæ фæкъæпп кæны. Каэд, зæгъын, 77
дæхи арæзт цъысымы бахауынц мæ адæм? Хъахъæн,. Угъалыхъ, тынг æгъа- тыр дæн! У г ъ а л ы х ъ. Бафхæрдтай ,мæ, Уырысхан. Æз дæуыл гадзрахатæй?... Куыд? Цæмæн? Сымахыл ма куы дарæм нæ зæрдæ? Мæ дæндæгты къæс- къæс куы цæуы ацы сау мукъу хуытæм! Ме ’вдисæн да-алæ ауындзæныл! Ау... У ы р ы с х а н. Цæй, хорз. Фендзыстæм. (Дзиппайæн.) Цом! У г ъ а л ы х ъ. Иу сыкъа ма фæндагсары тыххæй... ’ У ы р ы с х а н. Сыкъатæ, комдзæгтæ, фынгтæ... Мæн Заубатыр хъæуы! Хъусыс æви нæ? Хъуамæ йæ мæ бæхы къæдзилмæ бастæй æрбахæр-хæр кæ- нон! Уадз æмæ зона: сæмпæрчъитæн булкъонтимæ кæрдо цæгъдæн нæй! Балхæн фæдысмудæг! ’’ У г ъ а л ы х ъ. Кæм? Адæмæн раст цыма сæ Хуыцауыхай у. Ард дзы. хæрынц, со,мы кæнынц йæ номæй. Уый, дам, нын амонд хæссæг у, сæрибар хæссæг. у^ У ы р ы с х а н. Цымæ цæмæн хъæуы мæгуыргурты сæрибар? (Паузæйьс фæстæ.) Кззрæдзиуыл сæ сардауын хъæуы. У г ъ а л ы х ъ. Куыдæн?! У ы р ы с х а н. Ахъуыды кæн. Ды, сæ хуыздæр зоныс мæнæй. У г ъ а л ы х ъ. Иу фæнд мæм ис... Айразмæ дæр дын æй зæгъинаг уыдтæн. У ы р ы с х а н (Дзиппайæн). Кæрты мæм фæлæуу. Д з и п п а. Хъусын, дæ бæрзопддзинад (Ацыд.) У ы р ы с х а н. Дзургæ! Угъалыхъ, Æрыхъус ма, уæдæ. Хæххон лæг фосæй цæры. Ныртæк- кæйы зын сахат хъæуы фосыл исты ’рцыд, зæгъгæ... никæмæн æй ныбба- риккои адæм. У ыр ыс х а н. • Бæлвырддæр! Угъалыхъ. Зæгъæм, райсомизæр фос хъомхизæнтæй нал фæзынды- сты. Фæзынд Дуду. Ацахста йын йæ фæстаг? ныхæстæ. , Йæхи бааууон кодта æмæ лæмбынæг хъусы. Уырысхан. Уæдæ цы фссты, ома? У г ъ а л ы х ъ. .Да? адæм сæ рагон æрхмæ бахæццæ кæнæнт... Дарддæр сæ нæхионты бар уадз. Рæгъаугæсы... аиуварс хъæудзæн. ( У ы р ы с х а н. Чн сты «уæхнонтæ»? Угъалыхъ. Гм... нæхи лæппутæ... а,малджын лæгтæ. Чи сæ абыр- джытæ фæхоны, чи цы.. У ы р ы с х а н. Цыбырдзырдæй, дæхи хуызæн... де ’мбæлттæ, и? Угъалыхъ. О, нс сыл зæрдæдарæн. Уыдон фос бафснапдзысты, мах та адæмыл ахъæр кæндзыстæм: Заубатыр уыди йæ босяктимæ, загъгæ, сæ хытъынтæ бафсадыны охыл адæмы фос сæргæвстой, хъомгæсы та æвнр- хъау мард акодта Заубатыр йæхæдæг, йæхи дыууæ къухæй. Гъе уый та уын уæ сæрхъуызой, уæ ног цард аразæг. У ы р ы с х а н. Æнхъæлдæн ды цæуæнты чи ауад, хæтæнты чи ахатт, уыдонæй дæ, ме ’рдхорд. Гъы, гъы? Угъалыхъ. Дзуæрттыстæн, Уырысхан. сæхæдæг дын æй ацъипп ласдзысты! 73
Уырысхан. Гъе, уый дын хъуыддаг! Ды т^ мын нырмæ аргъæуттæ кодтай. Тæккæ райсом, уæдæ! У\г ъ а л ы х ъ. А, Уастырджи... Цы: фæдæ, цы? Æри-ма, лæппу! Дуду рацыд, сыкъа йæм радта. Уый диу, дæ къух зыр-зыр куы кæнь? У ы р ы с х а н. Иæ хуыз фæцыд? У г ъ а л ы х ъ. Æ-гъа, уæдæ! Цы хабар та у? Цы та нæм ссардтай? Д у д у. Нæ, ницы... æвæццæгæн бафæлладтæн. Мæ сæр куыддæр ра- зылд... У г ъ а л ы х ъ. Йæ сæр «разылд». Иу чысыл горæты ацахуыр кодта <æмæ йæхи хуызæн нал у. Раст æй, цыма ивгæ бачынди. Арæби, куы йæ аластон, уæд уый цахъæн’ лæнпу цы вæййы, уый уыди. Уалынмæ дын мæ,м мæпæ гъап æрхæццæ. Цыдæр рохст зæрдæ, дзæгъæлтæгæнаг, рæстдзинад домæг, уæдæ? (Дудумæ.) Гъей, дзагдар дæ, дзагдар, «афтиддар» нæ дæ æмæ дæхимæ кæс! Рауадз! У ы р ы с х а н. Нæ, нæ, æгъгъæд. О, уыцы чызг... Цыбырдзырдæй ацы хьуыддаг дæ бæрны! \ Угъалыхъ. Мæхицæн æй Хуыцауы фæдзæхст сыгъдæг хæсыл ны- А1айьш! ’ У ырысхан., Æрмæст, дардмæ æмгъуыдтæ нæ. Хæст. У г ъ а л ы х ъ. Кæд ын æнæ кæнгæ нæй, уæд ма цæй æмгъуыдтæ. У ы р ы с х а н. О, хæдæгай... (Хъæр кæны) Дзиппа! Дзиппа ’рбацыд. Æри ма, кæй дын загътон, уый. Дзи’лпа., Хъусын, дæ бæрзонддзинад! (Ацыд æмæ уайтагъд фон- дзæхстонимæ фездæхт, Уырысханмæ йæ радта.) Уырысхан (топп Угъалыхъмæ дæтты). Айразмæ ахæм куы агуырдтай. дуапы цæуынæн?!( Дæу у! Цæй, хатыр! (Ацыд.) Угъалыхъ. Дæ лæвар бирæ! Фæндараст! Хуыцауы уазæг! (Ацыд сæ фæдыл.) Дуду. Айи æцæг куы дæн хъæухор бирæгъы лæппын?! Дада, дада, нмæ цæсты куыд кадджын уыдтæ, куыд тыхджын мæм кастæ, æгас дунейы дæуæй хуыздæр æнхъæл никæмæн уыдтæн. Ды та? Хъæухор бирæгъ! Ау, • дæу аххос у Ахтсмыры мæлæт? Æмæ нып цы кодта? Ныр та, мæгуыр, хъомгæсы мардзыстут... цæмæн? Дæ фыртæссæй ма суанг Хадизæты дæр... Мæхи дзæбæх ,Хади... / Æрбацыд Зауыр, йæ къухæн бæттæн агуры. Тынг риссынц дæ къухтæ? { 3 а у ы р. Цы дæ хъуыддаг ис? Д у д у. Ннцы, фæлæ... тæригъæд дын кæнын. 3 а у ы р. Цæмæн? | ; Д у д у. «Цгемæн», «Цæмæн»... Ау, адæймаг^ иæ дæн? 3 а у ы р. Ды? Мæгъа. Сырдтимæ абаргæйæ, афтæ зыны дæ бакаст. Фæлæ дæ фыды фырт нæ дæ? Д у д у. Мæ фыд.. Ды раст( уыдтæ, Зауыр. Партизанты уый баны- мыгъта. 3 а у ы р. Бауырныдта дæ? Д у д у. Райсом та хъомгæсы...,1 стæй, дам, хъæуы фос... 79
3 а у ы р. Зонын æй. (Иуварсырдæм.) Гъемæ фендзыстæ,м, кæддæра чи — кæй... Æрбацæуы. Цом ардыгæй. (Ацыдысты.) Угъалыхъ (æрбацыд). Æнхъæлдæн ме ’нгуыр хорз ран баппæрстон. Чи фæлæудзæн, чи, ацы/ сылфосмæ? (Фынгмæ кæсы.) Ахæм ма дзы æнæбын лалым уа! Цас дзы нывгæдта æмæ йæ цæсты тъæбæртты дæр ницы? Æф- тъæргæ та? Мæтых! Цы у, уымæй уæцъæф! Æнæхъæн фæхсын куыд аны- хъуырдта. Ницы кæны, æз дын ацы хæрдзтæ дæ дзыппæй слухын кæндзы- нæн. Уæртæус! Гъей, цы фæдæ, цы? Уыцы ус! (Æрбадт, йæхицæн сыкъа рауагъта.) Йæ не скæнæг Хуыцау, æххуысгæнæнæг мын у! Оммен! (Анызта./ Б а б и л а (æрбацыд, цыдæр æууилы). Емынæ баназ, куы ма дзы бафсæдай. У г ъ а л ы х ъ. Сынæр та куы цæгъдыс. Б а б и л а. Цæй ма, о. У г ъ а л ы х ъ. Æрыхъус ма, ацы чызгæн* цы кæнæм? Б а б и л а. Мæгуыры бонтæ, уый тц цы хоныс? У г ъ а л ы х ъ. Ыырдæр ын нæма у искæдæда аггуырсын афон? Кæдмæ мын æфтъæрдзæн мæ фæллоп? Б а б и л а. Бирæ дæм «æфтъæры». Тæригъæд дыи нæу, хæрæджы куыст куы кæны? Кæннод ма йын а-зæххыл иунæг æз куы дæн мадæн дæр, фыдæн дæр, кæдæм æй арвцтон? У г ъ а л ы х ъ. Мæрдтæм! Б а б и л а. Мæрдтæм дæ адавдæуæд, куы ма йæ ныууадзай. У г ъ а л ы х ъ. Ыæ йæ уадзын, нæ! Б а б и л а. Уæдæ йын цы дæ зæрды нс? У г ъ а лы х ъ. Афон ын у моймæ!| Б а б и л а. Уæддæр та моймæ. Сывæллоп ма у, гукк! Угъалыхъ. 0, авдæны йæ бабæтт æмæ йын сывæдæг авæр. Б а б и л а. Æ, тæхуды, цы хиуæттæ вæййы, фæлмæнзæрдæ, æнувыд.. уæд ды цавæр æлгъыст фæдæ, цавæр? Бамæт кæиын, барæвдауын иæ зо- иыс. ; У г ъ а л ы х ъ. Гъе,мæ йыи æз замманай рæвдауæг ссардтон. Б а б и л а^ Чи та у, чи, уыцы рæвдауæг? ’ Угъалыхъ. Мæнæ, йæ бæрзонддзинад! Булкъоны зæрдæ йæм бахъазыд, нс ’фсин! Амонд пæм йæхи къахæп æрцыд! Ирæд къубалмæ! Б а б и л а. Мæ арт бауазал! Æнхъæлдæн, уæртæ лæг, зæронды ’рдæм фырзыдæй дæ зонд фæдзæгъæл Йæ зæгъын та куыд сфæрæзтап? Уæвгæ йæ зыдтон, раджы уа — æрæджы, исты бæллæх ын кæй араздзынæ, уый! Æдзух дæр ыл фыдаудæп кодтай. Угъалыхъ. Æ-гъа, уæдæ! «Фыдаудæн», «бæллæх»... Нæ фæлæ сæр иæй, сæр! Афтид! куысыфтæг! Хъуамæ мын арфæгæ кæнат! Б а б и л а. Цæй тыххæй? Мæ сидзæры мын уыпга нæрст хъыбылæн кæй хъарыс, уый тыххæй? Ау, гъе уымæн æй фæхъомыл кодтон? Мæнæп афтæ нæм цæмæн сагъуыди. Ннчи кæсы уыцы зæронд бирæгъмæ — уæрыччы фыд æрцагуырдта йæ зæрдæ. Уæдмæ дæр уал дæ гуыбыныл фæхæц, дæ былыцъæрттæ фехсын! Æдзæсгом сылваз! Уæу-уæй, уæу-уæй, цы ма уа æгадд^æр уый цахъæн лæгæн! Тфу! У гъ а лы х ъ. Цæй сылваз у. Уый дæр, мæгуыр, мæнæ мæнау сыл,- амонд нæ фæцн, æндæр. 80
Б а б и л а. Гъемæ дæ кæд нæ фæци* уæд мæ дзæбæхтæ бур рондзæ* фæкал! Марг дын фестæнт мæ бирæ хъиамæттæ! (Фæцæйцыд.) Угъалыхъ. Æллæх, æллæх, ныхæсты зæй та ракалд. Фæлæуу,, фæлæуу, кæдæм та фессæндыс? Дæумæ куы дзурын! Б а б и л а (æрлæууыд). Гъы? Угъалыхъ (сфæзмыдта йæ). «Гъы>\ Æрыхъус ма ардæм. Ныр цы зæвæтдзæгъдæн кæныс, цы, и? Æрвæсгæ ЙЫЛ кæй кæны, ууыл цин кæнæд. Кæмæндæр, дам, йæ сæр фынгмæ хастæуыд... Цы кæны? Б а б и л а. Мæнæй хистæр у, æмæ гъе, уый кæны. У г ъа л ы х ъ. Уæу, зæй уæ ныххафа, гъе! Æмбаргæ йæ кæнут, æмбар- гæ, уыцы «хистæр» кæуылты лæг у, уый? Иæ бынат, йæ кад, йæ бирæ мулк, йæ хъару... Е-гъе-гъе-гъей! Булкъон у, æнæсæрымæгъзтæ, бул-къонГ Афтид йæ пъагæттæ дæр лæджы аргъ сты! Б а б и л а. Куыннæ стæй! Булкъон нæ, фæлæ кæд паддзах у, уæддæр мæн ницæмæн хъæуы. Уг ъ а л ы х ъ. Омæ дæу нæ куры, Бабила, дæу! Б а б и л а. Кæй куры, уымæ дæр уын æндæр дзуапп нæ уыдзæн. Ба- фæрсут æй марадз. Хадизæт, рауай ма ардæм! У г ъ а л ы х ъ. Æмæ йæ цы фæрсын, фæлхæрст? Уый ма мыи не сси уынаффæгæнæг. (Æрбацыд Хадизæт.) Мæн афтæ фæнды æмæ ахицæн! Æви нын ахæм усгуртæ нæ къæсæртæ фæсастой? Кондджын, уындджын... Б а б и л а. Æдзæсгом, дæрдджын! Д у д у. Дада! Æвзæр лæг у Уырысхан! Æрдæбоп цытæ дзырдта, уый куы зонис, уæд... Угъалыхъ. Æ-гъа, уæдæ! Дæу хъуаг ма уыдтæн! Фссæф ардыгæй! Хистæрты ныхасмæ дæ хъустæ цы ныппака кодтай?! Дзырд радтон булкъо- иæн! «Чындзæхсæв — а къуыри! Хадизæт (Угъалыхъы уæрджытыл ныттыхст). Нæ, Угъалыхъ, нæ! Курын дæ! Ма мæ фссаф цæрдудæй! Хуыцауы хатыр. Фæлтау... Угъалыхъ (асхуыста йæ). Цытæ дзурыс, цытæ? Куыд фæсайон мæ ныхас? Лæг нæ дæн æви? Кæннод мын мæ хæдзар пыддыма? Дæ фьццул- мæ уый фæкомколшæ уæд. Стæп цæмæп, цæмæп?! Бабила. Дæ-дæ-дæй, цавæр дурзæрдæ ис дæ риуы цымæ? Дуду. Дада! Угъалыхъг Æгъгъæд! Иу ныхас дæр иал! Фæци! Ахицæн! Лыг у!" X а д и з æ т. Нæ! Никуы! Мæхи амардзынæн фæлтау! Угъалы-хъ. Фендзыстæм! .Æмбæрзæн ’ Æртпыккаг ныв Хъæд. Æхсæв. Зауыр æмæ Заубатыр. 3 а у б а т ы р. Уæдæ, зæгъыс, мæ номæй ахæм æнаккаг митæ бакæнын- вæнд кæнынц, и? Ныридæгæн мæ гъæйтт, зæгъгæ, абырæг ацарæзтой, и! Бузныг, Зауыр, худинагæй мын бахызтай мæ сæр. Стæй, чи зоны, бирæ- фыдбылызтæй дæр. Ныр лæмбынæг хъус: куыддæр хъæумæ ныххæццæ уай, афтæ, цыфæнды зынæй дæр, Джетæгъæзы ссар. Хъуыддаг ын бамбарын 6 Мах дуг № 1 8*
кæн. Абон, зæгъ, дæ фос хъæуæй дарддæр аскъæр, куыд гæнæн ис, афта&;Н' Хорз уаид, доны фалс атагъаты ’рдæм. ’ - & 3 а у ы р. Ноджыдæр ма иу æвзæр хабар. 3 а у б а т ы р. Цы у? 3 а у ы р. Чындзæхсæв нæм уыдзæн. Хадизæты уæй кæпыпц 3 а у б а т ы р. Цы, цы? Фæлæуу, фæлæуу, куыд æй уæй кæнынц? 3 а у ы р, Афтæ. Угъалыхъ æй булкъонæн дæтты нрæдыл. 3 а у б а т ы р. Цы, дам, цы? Булкъонæн? Уырысханæн? Æмæ йын уыйл ,фыдæц куы бæззы?! Нæ-æ, уымæп уæвæи нæн. Æвæццæгæн Угъалыхътæм , лрæх бауайы æмау та чидæр ахæм чъизи дам-дум агауыз кодта. Нæ-нæ, ме ’рдчорд, алæм хъуыддæгтæ бæлвырд зопын хъæ’уы, кæннод... Зауыр. Уæуу, мæнæ бæллæх. Базыдгоп æп бæлвырд! Мæхæдæг сын фсхъуыстон сæ пыхас рудзгуыты бынæй. 3 а у б а т ы р. Мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! Ау, уæдæ æцæг уа?! Æмæ пæ сæрмæ та куыд æрцыд ахæм æвпрхъау ми? Мæнгæп нæ акæнынц бпрæгъ йæ кæнон нæ уадзы, зæгъгæ. Куьц хъуамæ аирвæза йæ бæрзонддзинадæй ахæм саурæсугъд? Ау, йæхи уæздæттæй куы хоны, уæд ,куыд куры цыдæр «æнæном, æнæмыггаг» сидзæры? Стæй куыд батæрдзæн йæ цæсгом ахæм æрыгон чызг,мæ?! Æнну, цæуылнæ? Бæстыл чп нс ’рцыд, ахæм хабар. у? Цот нæ рацыд, зæгъгæ, уæд-иу дыккаг усæн ахæм æрыгæт- 1ы куы хастой зæнæг кæнынæн. Цы йæ хъыгдары? 3 а у ы р. Сæ мулкæй хъал сты. Ирæд, дам, дын мыггагмæиы фаг... 3 а у б а т ы р. Исты йæм нæй, адæмы фæллой. Уый кæй бастыгъта, уыдон.. 3 а у ы р. Барвæндонæй, дам, куынæ сразы уай, уæддæр, дам, дын æндæр гæнæп нæн 3 а у б а т ы р. Уый чи загъта? Зауыр. Угъалыхъ. Аскъæфдзысты йæ. Фсрвæзыи æй кæп, Заубатыр’ Ныббырсут хъæумæ! Ныххафут сæ, æмæ фæци! * 3 а у б а т ы р. А, дæ боиæй уай! Афтæ ’нцон куы уаид. 3 а у ы р. Æнцоп, ап-гъай, нæу. Омæ уæдæ цы кæнæм? Иæхн амара? 3 а у б а т ы р. Уый та дын цавæр æдылы ныхас у? 3 а у ы р. Мæи ныхас пицы у. Хади загъта афтæ. 3 а у б а т ы р. Куыд? ( •, 3 ауыр. Æз, дам, маъхи æгас нал ныууадчд’шнæн 3 а у б а т ы р (æрбатæвд). Ахæм æдылы хъуыдьпæ. (Сабырй). Хъус-,ма, æрсабыр æп кæн .. Дæумæ банхъусдзæн, бирæ дæ уарзы! Ныфсьпæ ныи авæр, цалынмæ мæхæда?" зыпоп, } аммæ Зауыр Омæ, кæд фæзындзын-æ, кæд! Æндтæи сæхи куы рæв;и кæ- нынц, чыпдзæхсæвмæ^ 3 а у б а т ы р. Кæдмæ у с«т уынаффæ, цымæ? 3 а у ы р. Акъуыр:т, дам, фнла\гæ тæр, .«æс\ач дæг Заубатыр. Акъуыри, зæгъыс? Куыд кæсын, афтæмæй, йæ бæрзонд- дзинад тынг тагъд кæны цæмæндæр æмæ йæм фæкæсын хъæуы. (Хъуыды иæпгæйæ) Бавдæлæм æмæ.. нæхп уынаффа* фæраздæр кæнæм. ’ 3 а у ы р. Куыдæй? Заубатыр (аракæс-бакæс кодта). Ахæ.м заман, дам, бæлæстæп дæр хъ>стæ ис (Сусæгæй йын цыдæртæ загъта.) 3 а у ы р Иунæгæй? 82
3 а у б а т ы р. Иунæгæй цæмæн? Ды мын уым нæ дæ? 3 а у ы р. Æз? Мæгъа... Заубатыр. Уый тыххæй дыл мæ зæрдæ дарын! 3 а у ы р. Цæй, бонивайæнтæм хъуамæ мæ лыстæны уон, кæннод мæ базондзысты, æмæ... / 3 а у б а т ы р. Ныххæццæ уыдзынæ (Лрвмæ скаст.) Нырма боп кæм и. Стæй хъæу мæлæты дард куыиаа у. Æвæдза саг æрдхорд мын дæ! Куыд æрбауæндыдтæ æмбисæхсæв хъæдмæ? 3 а у ы р. Æндæр гæнæн мын надг уыд. Æниу цæмæй тæрсын? 3 а у б а т ы р. Куыд цæ.мæй? Бирæгътæ^, абырджытæ... Зауыр. Сахуыр сыл дæн. Стæй сæ хъыхъагдæртæ нæхи хъæуы куыг сты. 3 а у б а т ы р. Фæлæуу-ма, дæ къух та цы кæны? 3 а у ы р. Нпцы.... 3 а у б а т ы р. Куыд ницы... Фæлæуу, фæлæуу, æмбæхсгæ йæ ма кæн... Гъе, уый дын, гъс... цæмæп дын ныррæсыди афтæ? 3 а у ы р. Угъалыхь та мæ «барæвдыдта» дысон. 3 а у б а т ы р. У-у, цъаммар! Цæмæй йып фиддзынæ йæ «дзæбæхдзи- иæдтæ»? » Зауыр Ауысгæц, æз ын... Афтæ ма иу кæс, кæддæра йын æз.. Иу- пæг цæф даэр ып пæ пыббардзыпæп! Цæмæн?! Ис1ы мæ фыд у?! Фæлæу- уæд, мæнæ.. Мæ рад æрцæуа! 3 а у б а 1 ы р. Æрцæудзæн, мс, ’рдхорд! Æрцæудзæн, æнæмæнг дæ рад! Стæй тынг тагъд. Гъсмæ сын бафиддзыстæм сæ бирæ «хорзæхтæ». Иунæг æфхæрдæц дæр хатыр гæнæп нæй! Никуы! Ннкæмæп! 3 а у ы р. Бæргæ, бæргæ... Ауыстæп... Уæдæ дæм æнхъæлмæ кæсæм, нæ? 3 а у б а т ы р. Æнæ.мæнг! Фидарæй! 3 а у ы р. Æмæ дæ исты куы баурома,— цы нæ вæййы, уæд мах та куыд? [ 3 а у б а т ы р. Æнæмæт у, Зауыр! Ацы хъæды бæлæстæп алчи дæр салдат куы фсстид æмæ нууылдæр ма* ныхмæ куы стох кæниккоп, уæддæр мæ иичн бауромид, ничи! Æвзæр нæ бахъавыд зæронд цуапон, фæлæ хат- ган хъавæгæй æвзидæг фæраздæр вæййы. Багъæц, уæрыкк уарзаг усгур, уæдæ мæ фыдæп фыртæн нæ райгуырдтæн, æз дып дæхн куынæ ачындз кæнон! Фендзыстæм, дæ бæрзонддзннад, кæддæра чи кæй! Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХЛЙД Цыппæрæм пыв Угъалыхъты кæрт. Бæрзонд гæрæн. Æхгæд кулдуар, йæ фарсмæ къæ~. литкæ. Кæрты астæу бæлас, йæ быны фæхсбандон. Цалдæр къæпхæны тыргъмæ, уырдыгæй дуар хæдзармæ. Къæпхæнты бын ныллæг дуар ныг- гæндмæ. Иуварсырдыгæй хоры къутутæ. Изæр. Рацыд Хадизæт афтид го- гонимæ. Катай кæны, хъусы, хъуыдыты аныгъуылд. X а д и з æ т. Цæй тыххæй мæ ралгъыстай, Хуыцау? О, ма уын батайа 83:
.мæ уды тæригъæд! Æмæ уын нæ батайдзæн! Æццæй, Заубатыр? Цæй-.ма/ кæм дæ? Хъаймæт мыл куы скодта, мæ бон? Мæстæлгъæдæй, уынгæгæц дæумæ куы кæсын ам... Бабила (хæдзарæа). Чызг! Хадизæт! " (Хадизæт фестъæлфыд, асинтыл зеруад, йæ гогон дзы ферох. Рацыд тыргъмæ ) 1\æм дæ, • кæ, мæ хур? X а д и з æ т. Мæнæ... катай кæиып сидзæр уæрыккау. (Къæлиткæмæ фæцæйцыд) Б а б п л а. Æмæ... кæдæм араст дæ, кæ? Хадизам. Уæртæ, зæгъын, дон æрбадавон... Б а б п л а. Дæ фæдджпйы? Æвн дæ сæрбæттæны? (Къæлиткæ бахгæд- та). Нæп дын, мæ хур, пæй уынгмæ ахизæн. Фсхъуыстай, куыд нæм барт- хъирæн кодта? X а д и з æ т. Омæ, цæуылнæ, цæ? Б а б и л а. Тæрсга^ дын кæнынц. X а д и з æ т. Цæмæй? Б а б и л а. Куы дæ аскъæфой, гъс, куы алидзай. X а д и з æ т. Мæгуыры бонтæ, æмæ1 истьь ахæстоны дæн? Б а б и л а. Ахæстонæй фыддæр у нæ уавæр, ,мæ къона. X а д и з æ т: Уæдæ ма куыд акæпон, Бабила? О, мæн цы Хуыцау рад- та, уып дæлæмæ "рхауа. Б а б ил а,. Тобæ, ’юбæ! Ма мæсгы кæн Хуыцауы, табу йын æрбауа! Уынгæй æрбацыдысты Дуду æмæ Зауыр. Сæ дзаумæттæ — хуылыдз. Мæгуырыбонтæ, уып кæм пыддопласт стут? 3 а у ы р, Уып . йед у.. уæртæ.. кæсаг ахсæн къутутæ абæрæг кодтам... Стæй нæхп апапæм, зæгъгæ... о„< доны ныггæпи ластам... Б а б и л а Æд дзаумæттæ? Сымах фæрсын, сымах? Цы ныхъхъус стут^ Д у д у. Абон куыропмæ фæцæйцыдыстæм æмаа фæпдагыл бозн мæхимæ райстон, бæх тæрын фæуарзын. 3 а у ы р. У-у, дзæгъæлдзых! Д уд у. Уæдæ йæ куыд сайыс? Хуыцау гæды ныхас нæ бары’ 3 а у ы р. Æз æм дзургæ кодтои хидыл, зæгъын, ацу! Уый дын ивылд допы куы балæгæрдид, пæ тæккæ арфы... Бабила, Мæ хæдзгр куыд фехæлд! 3 а у ы р. Уæрдон цæуылдæр пæ цæлх скъуырдта æмæ гуылфæны фæ- дæлдоп. Б а б и л а Дæ-дтæ-дæ-дæ-дæп’ Мæпæ хæрз сæфт куыд кодта’ (Дуду- йæн ) Ленк кæныи дæр куы нæ зоныс, уæд цæуыл сæрра дæ, и? Ивьод допп.мæ афгæ хъазæп ис° 3 а у ы р. Исдуг æп Ис<л ардюн Лакъон доны цыдæр æрбаци. Стаи'1 йа1 ацахстон. Куыддæртæп ма пæ сластон. Б а б и л а. О, иунæг кадджын Хуыцау! 0, Лæгтыдзуар, табу уæхицæн мах уыцы фыдбылызæй чп бахызта, абоп! Куывдтæ дæр уып кæндзынæп! Мæ иунæг ус уазæг амæй фæстæмæ дæр! X а д и з æ т. Чидæр ма куьппа æмæ сымахæн! Б а б и л а. Уæ бæх цы фæпи0 Зауыр. Бæх æрбакодтам, фæлæ уæрдон... .' Б а бп л а (Дудуйæн). Дæ-дæ-дæй, ныр та мын дæ фыды богъдабитæм чм хъусдзæп. Цом, мæ къона’. Цом, дæ дзаумæтгæ аив æмæ уал исчердæм 84
уæхи айсут, цалынмæ йæ маст ссæуа.. (Хæдзары фæмыдæг, Дуду йæ фæ- дыл.) X а д и з æ т. Зауыр, мæ къона, дæхи иæ ныццавтай? Ницы дын уыди? 3 а у ы р. Мæнæн ницы, фæлæ ды цæуыл джихтæ кæныс? X а д и з æ т. Кæ,м и нырмæ? Афтæ куы загътай... Абон ма куы нæ фæ- зына, уæд куыд кæндзынæн? ( 3 а у ы р. Ма ма тæрс, цæй! Ауыстæн... исты фæрæз уыдзæн, лæг -амалæн конд у,. (Кæцæйдæр дардæй хъуысы гæрæхтæ.) X а д и з æ т. Æллæх! Дæ-дæ-дæй, кæд ыл исты ’рцыд?! 3 а у ы р. Тсс, чидæр рацæуы. { Д у д у (æууилгæ рацыд, Зауырæн). Гъа, мæнæ уал мæ дзабыртæ скæн, дæ къæхты туг куы кæлы. (Баппæрста йæм дзабыртæ, стæй йын йæ кæр- дзыны ’мбис радта.) Ахæр. Угъалыхъ (хъæлæс уыигæй). Уæдæ, уæдæ «хæрзæгурæггаг». (Æр- бахызт кæртмæ.) Дæ фырт, дам, фервæзт. Æмæ уæрдон та? Мæ бæхы къах та? (Ауыдта лæппуты.) Æ-гъа, уæдæ, гъеуый та дын æххуырст! Мæ хæдзар мын ныззаууат кодта, ныр æнæмæтæй мерс кæны. (Рацыд Бабила сау кæлмæрзæны.) У-у, лæвархор! Б а б и л а. Цæй-ма, о! Угъалыхъ. Цы тыхбсгара’ дæ фæцарæзта донмæ? Б а б и л а. Æз æй арвыстон. Дзуллаг нæм дзаг у æмæ, зæгъын, куы- роймæ бауай. \ Угъалыхъ. Ды та уыдаис, ды, æнæсæрымагъз! Нæ йæ уыдтай, доп ,кæуылты ракалд, уый? Гъемæ бауадысты, «фссгуыхтысты», хорз сæ фенут ныр! (Амоиы Зауырмæ.) Кæс-ма йæм, кæс, къутуйы уырц нæу? Б а б и л а. Цæй ма, о! Бауадз æй къæбæр бахæрып. Дæ иунæджы дын мæрдтæй куы раздæхга. У г ъ а л ы х ъ. Æрыхъус ма, гъен! Мæ иунæджы мын æнцад куы уадзнд, уæд æнæмаст уаин. Иæ сæр ын разилын; кодта. У-у, джиауыр дыу- уæ ’фсæрæй куыд иай кæны, куыд. Фесæф мæ разæй! Зауыр ацыд. Дуду — йæ фæдыл. Б а б и л а. Æ дæ-дæй фæкæнан,, мæ фыдгулы пæлгопмаг ма гъе уыдæт- тыл дзура! , У г ъ а л ы х ъ. Гъе, гъс, ды та пын куырис æппарæг. Б а б и л а, Æпну рагæн дæр гуыдынхъус уыдтæ. Цæрæнбопты тъыссæн- тæ кæныс. Хæдзар алы хъылмапæ байдзаг кодтай Æмæ хуыздæр фæци? Куыннæ стæц. Лæгæт, уазал лæгæт! У г ъ а л ы х ъ. Æмæ йæ цæуылнæ схъарм кодтай? Æфснн, да.м, хæдза- рæн пæ млсыл хур куы у? Бабила. Куыниæ стæп. Хуртæ æмæ мæГпæ куыд не скалдтон демæ. Д .1 н п п а (хъæлæ< уынгæй) Бацæуæн нс? (Æрбацыд ) Флрп ам уæд. У г ъ а л ы х ъ. Æгас цу, Дзиппа Д з и п п а. Йæ бæрзонддзинад оулкъоны бардгырдмæ гæсгæ хъуамæ æвæстнатæй сæмбæлай штабмæ. Хæрзæсхæв. (Ацыд.) Угъалыхъ. Хорз, хорз, феййафып дæ. Цы та йыл æрбамбæлд? Афпдауынвæнд ма скæпæд ахсæв? Адонæн цы иæ бантысдзæн. Уæд чын- .дзæхсæв дæр... Цыбырдзырдæй, алцæмæ дæр цæттæ куыд уат, афтæ. (Фæцæйцыд). Бабила (йæхинымæр) Бæрзæпсаст фæут ды дæр æмæ уып дæр! 85
Угъалыхъ (цыдæр ауыдта). Уыцы цырагъ, уыцы цырагъ, ма дзьк байрайат! Æмбисбон æй кæдæм ссыгътат? ’ Б а б и л а. Цæй-,ма,, о. Рухсы цъыртт дæр ма нын бахæлæг кæн, мæрд-:! дзæст! ! ,;, У г ъ а л ы х ъ. Кæм алхæндзынæ фæтæгсн, цымæ? Æви чындзæхсæвы ’ нæзы цырæгътæ судзынмæ хъавыс? (Федде, стæй сонтæй фездæхт.) Цæмæн ! бададта уыцы род йæ мады? Сымах куы фæрсын æз? У-у, лæвархортæ, мæ- нæ уæм раздæхон (Ацыд) Б а б и л а. Фæлдыст дын фæуæит хæдзарæй, фосæй, фæтæгенæй, цы- рагъæй! Тфу! Марадз ма, Хади, лæппутæн исты авæр. Афтид кæрдзынæй цытæ ахордтой. Æмæ ныххуыссут. Æз Гуыбатæпæн тæфæрфæс ракæнон. (Ацыд.) Хадизæт (йæхинымæр), Тæфæрфæстæ... алырдыгæй зиантæ. (Асин- тыл æрбадт.) Кæм дæ Заубатыр? -Кæм дæ, мæ дуне? Мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты? А-зæххыл мып иунæг ды куы дæ, уæд мæм куыд æрæгмæ зыныс? Ма мæ радт ацы удхæсджытæн, Батыр! Дæ-дæ-дæй, куы байрæджы кæнай. Нæ, нæ, фæлтау сау ипгæн хуыздæр! Уæд та .мæхæдæг... о, о, мæхæдæг дæ хъуамæ ссарон! Ныртæккæ! О, фæлæ куьтд анрвæзон ацы ахæсюпæй?! 0, Хуыцау! 0, Мадымайрæм1 О, кæд искуы сидзæрыл аудæг зæд ис, баххуыс мын кæнут. (Хæдзармæ бацыд.) Уынгæц æрбайхъуыст уыджы уасын. Зауыр рауад, аракæс-бакæс кодта, дзуапп радта «Уыгæн». Æнæхъæлæбайæ кæрты фæмидæг Заубатыр, Йæ уæлæ нымæт, йæ сæрыл басылыхъ тыхт. Заубатыр (сусæгæй). Угъалыхъ ам ис? 3 а у ыр (сусæгæй). Булкъонмæ фæцæуы. Бабила та мардмæ. 3 а у б а т ы р. Сæ лæппу та? 3 а у ы р. Тынг бафæллад абон æмæ афынæй. < 3 а у б а т ы р. Хадизæт рæвдз у? 3 а у ы р. Æнхъæлмæ дæм кæсы. 3 а у б а т ы р. Фæдзур æм уæдæ марадл. Оæстнат кæпæп нæй! Еæхтæ фæсхъæу, Хуо ададжы рагоп гарнаны цур. Исты амалæн нæ уырдæм баир- вæзын хъæуы. Гъс, сгæй атагъатыл дон-дон фæхæрд ’кæндзыстæм, 3 а у ы р. Æз пыртæккæ. (Хæдзары фæмидæг.) 3 а у б а т ы р. Гъа, Уастырджп, рæстфæндаг нæ фæкæн! Рацыдысты Хадизæт æмæ Зауыр. X а д и з æ т. Заубатыр! Куыд æрæгмæ цыдтæ? 3 а у б а т ы р, Нæ уыд гæпæн. Злуыр, марадз ма аивæй уынгмæ акæс, ацæуæп пс? (Зауыр федде.) Хадпзæт. Дæ-дæ-дæп, м.тн тыххæй дыл мсты куы ’рцæуа. 3 а у ба т ы р. Æмæ ды тыххæп дæ^ Æииу мы^ пы хъуамæ ’рцæуа? X а д п л æ т. Куыд цы, куыд? Да? фæдыл хуы знлынц, ды тД сæм дæхи къахæй æрцыдтæ.. Нæ, иæ.... Фæлтау ацу! Ныууадз мш! Азау æнæ фыдбылызæйГ 3 а у б а т ы р. Æрмæстдæр демæ! Æнæхъæп æфсад мыл куы ’ртымбьцг уаид... Нæ, мæ зынаргъ, цалыимæ дæ адоны дзæмбытæй стоквм, уæд^æ1 мып нæй ардыгæп ацæуæп! X а д и з æ т. А,мардзысты дæ! 3 а у б а т ы р. Кæд сын бакомои, уæд Цæй, цом! 3 а уыр (æрбауад). Чидæр æрбацæуы. Цыма Угъалыхъ у. 86
3 а у б а т ыр. Байрæджы кодтам! \ Зауыр. Нæ! Ныккæндмæ! -; Йæ фæстаг дуар цæхæрадонмæ цæуы. Уырдыгæй быруйы сæрты..^ Заубатыр. (Заурæн) Иттæг хорз! Фæхæццæ йæ кæн бахтæ,м (Ха- дизæтæн.), Къæртатæ, кæнæ гогон айс, дондзау цыма стут. Æз дæр уæ •феййафын. Мæнæ ма ацы лæгимæ аныхас кæнон! X а д и з æ т. Нæ! Заубатыр, цом! Кæннод æз дæр нæ цæуын. 3 а у б а т ы р (карздæрæа). Хадизæт! (Фæлмæндæрæй ) Мæ къухтæ мып (бæттыс, Ма тæрс, дæ зæрдæ мыл дар Курып дæ, ,мæ зынаргъ, кæд дæ мæ лорздзинад фæнды. + 3 а у ы р (Хадизæтæн). Цæй-ма, фсзмæл! Æрбахæццæ кæны! X а д и з æ т. Тагъд-иу рацу, кæннод фырмæтæй мæ уд схаудзæн. Ныккæнды фæмидæг сты. Заубатыр (сæ фæдыл). Цæуын, цæуын. (Аууоны балæууыд.) Угъалыхъ (æрбацыд) Ацы дуар та гом цæмæн у? Гъа, рын уæ лыххафа, 1ъс! Æххуырст! (Фæкомкоммæ Заубатыры æндæргмæ.) Цы ныхъ- лъус дæ, куыдзы хъыбыл?! (Лæдзæг фæхъил кодта.) Заубатыр. Уæу-уа, Угъалыхъ, уый куыд у, уый? Уазæгыл уæм иыр лæдзæгæй цин кæнынц? ,■ Угъалыхъ (аджих). Уазæг? (Гуырысхогæнгæйæ.) Уазæг Хуыцауы уазæг.. Æрыхъус-^ма, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ... 3 а у б а т ы р. Фæлæ нæ ныхас фæцыбыр кæнæм. Бæлццон æнæвдæлоп вæййы. У г ъ а л ы х ъ. Фæлæуу-ма, «бæлццоп», ды ма мын зæгъгæ кæн... чн дæ, цы дæ хъæуы^. 3 а у б а т ы р. Лæгдзæрмттæ ’лхæнæг дæн. Дæумæ мын амонынц. Бирæ, дам, бастыгъта афæстаг заман. / У г ъ а л ы х ъ, Цы, дам, цы? Гъей, хъазын афон нæу! Фæрсгæ дæ куы кæнын, чи дæ? Æмбисæхсæв мæ хæдзармæ цæмзз ’рбабырстай? 3 а у б а т ы р. Тс! Цавæр фæднс у? Дæхн загъдау, æмбисæхсæв куы у? Чи дæ, зæгъыс, чи? Заубатыр дæн. Нал мæ базыдтай? (Угъалыхъ хæ- цæнгæрзтæм фзглæбурдта.) > Æнцад! Сыбыртт дæр куы скæнай — мæлæт. Мæ лæппутæ хæдзары алыварс лæууынцч 0, алæ-ма, зæгъын, мæхи аирхæфсон хъæуы. Ме ’рдхорд Угъалыхъы дæр абæрæг' кæнон. Агуырдта, дам, ,мæ. Гъы, хъусын дæм. Цы мып за>гъи- наг уыдтæ? Цы кæпыс, цы^ Ма тыхс, æнаххосæй никæй æфхæрæм Æр- мæстдæр кæмæн цы ’мбæлы, уып Угъалыхъ Æмæ мын пы ’мбæлы еымахма’ гæсгæ? . 3 а у б ’ч т ы р. Мæрчапеæьæр. Угъалыхъ Мæрдæхсæвæр^ Мæиæч? Куыд мæрдæхсæвæр? 3 л у С а т ы р ’ Куьгт, нæпйы, афгæ У г ъ а л ы х ъ. Удæгасæн? 3 а у б а т ы р. Уаппон иæу. «Тъæпæн хъæуы» дæ быиат цæгтæ у. Кгед мыл пе ’ууæндыс, уæд Барастырмæ дæхæдæг пыууап æмæ йæ афæрс. Æвн тæрсгæ кæныс? Ма?лæты зыпаргъ дæм пæ кæсы дс ’рчъиаг^ У г ъ а л ы х ъ. Æ-гъа, уæдæ! Хъус-ма .. Заубатыр Уын мæм ды байхъус! Адæмы тæрхон æххæст кæни- наг у У г ъ а л ы х ъ. Цæмæй мæ зылын кæпынц адæ,м? 87
3 а у б а т ы р. Сæ сафæг кæй дæ> уымæй! Æдзæсгом, æнатскаг кæй дæ, уымæй! Уг ъ а л ы х ъ. Цы бакодтон æнаккаг мийæ? 3 а у б а т ы р, Чи банымыгъта Ахтемыры? Дæ хæрæфырт куы уыди^ гормон? Куыд уæй кæныс мулкыл кæйдæр сндзæр чызджы? Тæригъæд дын нæу? Иннæ ахæм — пе ’лхæнæг... Зæронд хæрæг куы у... Хиу ныллæууыд- тæ, алырдæм лæбурыс! Сыхагæй, хæстæгæй дæ амæддаг фесты. Æгас хъæу дæр цæрдудæй фæцæйныхъуырыс. Суанг мæн дæр нывондæн æрхæссын- вæнд скодтай. Цæмæн мын чъизи кæныс мæ ном? У г ъ а л ы х ъ. Куы ницы кæнын æз*. 3 а у б а т ы р. Сайыс! Хъæуы фос атæрып уæ къухы куы бафтыдаид, уæд мæнæй уый — адæмы цыфыддæр знаг, хъодыгонд æлгъыст. Мæ уавæ- ры уый мæлæтæп фыддæр у! Æгæр зыдæп Не ’фтъæрыс, хорз лæг?-Афтæ- ,мæй ферхæцæн дæр ис. Дæ хъуырьГисты куы фæбада, мыййаг. Уæвгæ дзы фæбадти. (Сыстад.) Дæ адзал æрхæццæ, Угъалыхъ. (Дамбаца йæм фæдардта.) ’ Угъалыхъ. Ныббар, Заубатыр! Булкъоны бæллæхтæ мын сты... Уый мæ домдта уыдæттæ. Ныххатыр мын кæпут! Алцæуыл дæр разы, æрмæст . маргæ пæ! 3 а у б а т ы р. Адзалæн мадзал нæй! Цæугæ1 У г ъ а л ы х ъ. Хатыр’ Æз дæ мад, дæ фыды уазæг! Уæлæуыл дæр, мæрдты дæр мæ уд дæуæн нывонд, æрмæст мын æй ма сыскъуын... Заубатыр. Ма сыскъуын, и? Ехх! Цæй... Фæуæд! Æрмæст афтæ: ацæудзынæ мемæ. Кæд дзæбæхæп ахизæм хъæуæй — цард’ Æндæр фæнд куы скæнай — дæ тæригъæд дæхи! У г ъ а л ы х ъ. Разы. 3 а у б а т ы р. Цо,м! (Къалиткæмæ йын ацамыдта.) Угъалыхъ ацыд, Заубатыр йæ фæдыл. Æвиппайды уынгæй æрбайхъуысыт хъæбысхæсты уынæр, хъæртæ, гæрæхтæ, стæй фæхъус сты. Тыргъмæ рауад Дуду. Уынгæй æрбацыд Уырысхан. Пæ фæдыл ын Дзиппа æмæ Угъалыхъ æрбакодтой Заубатыры. Яæ къухтæ баст, йæ дарæс скъуыдтæ. У ы р ы с х а н (Дзиппайæн). Салдæтты арвит. Мæ номæй сын радтæнт бæрæгбоны хæлц 1 Д з и п п а. Хъусын, дæ бæрзонддзинад! (Федде.) У ы р ы с х а и. Гъы, æнæ ’рцахсгæ Заубатыр, куыд дыл æрцыд ахæм сайд, гормон? Æвæццæгæп загътай: «Æз сæ гуыпп кæндзыиæп, са> фындзы бын мæ хъуыддæгтæ здухдзынæн æмæ мын мæ фæдыл цæхх кæнæнт», Æгæр сæргæг разындтæ, лæппу, фæсыкк сты дæ уынаффæтæ Æз æй зыд- тон, дæ уарзоны сæрыл арты цæхæрмæ дæр кæп басæррæтт кæндзынæ, уый æмæ дып аппæрстоп сапæн хос—чыпдзæхсæвы хабар. Уыныс, нæ фæрæдыдтæп, сыррдонцъиуау басхъиудтай мæ къæппæджы. О, хæдæгай, фæдзурут ма Хадизæтмæ. Мæнæ йып замманай лæвар: æнæнхъæлæджы фембæлд йæ уарзонимæ. Д у д у. Ам нæй. У ы р ы с х а п (Угъалыхъмæ ныдздзагъул) Кæ.м и уыцы чызг? У г ъ а л ы х ъ. Хуыцау ме ’вдисæн, куы мæм фæсидтæ, уæд æй ам- ныууагътон... Кæд ме ’рбацыдмæ. . 88
Уырысхан. Хæлиудзых! Цалдæр боны мæ адæм хæдзары алыварс -рæсæны куы бадынц?! Куыд æрбайсæфт уæд?! Адъютант! Д з и п п а (æрбауад), Хъусын, дæ бæрзонддзипад! У ы р ы с х а н. йæ фæдыд тагъд! Æрæхгæнут хъæуæй ахизæн фæндæг- тæ! Басгарут алы уынг, алы къахвæндаг! Джигул хæдзæртты, цæхæрадæт- ты! Уæвгæ, фæлæуу. Мæхæдæг! Ды та... ацы цъаммар дæ бæрны! Уартæ уал æй ныккæнды базыввытт кæнут! Д з и п п а. Хъусын, дæ бæрзонддзипад! Угъалыхъ. Фæстаг дуар уæ ма* фсрох уæд... Фæлæуу... (Ныккæнды фæмидæг.) Уырысхан, Райсом та ауындзгæ! Хъæуы бæрæг астæу! Уадз, пу- уылдæр æй зоной, лыстæг сырдтæн хицæутты ныхмæ дзæгъæлдшрд кæпæн нæй1 Угъалыхъ (рацыд пыккæндæй). Ардыгæн цъну дæр нал атæхдзæн нъщ. У ы р ььс х а н (Угъалыхъæн). Мæ фæдыл! (Ацыд, Угъалыхъ йæ фæдыл.) Д з и н п а (хъæр кæны уынгмæ). Хъахъæиæг! -X ъ а х ъ æ н æ г (æрвацыд, дзуры фæсус хъæлæсæй). Хъусып! Дзиппа. Ыыккæнды йæ базыввыт кæн! Рæвдз æмæ дуары цурæп иу санчъех дæр нæ! Никæдæм! Бамбæрстай^! Хъахъæнæг. Раст афтæ, дæ Дзиппа (фæурæдта йæ), Исты хуызы куы апрвæза, уæд булкъон йæ бæсш ’рцауындздзæни дæу! (Ацыд.) Уынгæй хъуыеы расыг салдæтты хъæлæба, зарджытæ, гæрæхтæ, хъæртæ. Хъахъæнæг скатай. Арацу-бацу кæны, алæууы, абады, байхъусы хъæлæбамæ, арф ныуулæфы. Тыргъы фæзынд Зауыр, йæ цæст дары хъахъæнæгмæ. Хъахъæпæг (сусæгæй акæсы къæлиткæйæ уыигмæ). Гъсн, салдат! Хъусыс, салдат? Цу ма, мæнæн дæр иу арахъ ссар, мæ уд схауы! Марадз ■ма, æфсымæр! Мæхицæн цæуæн нæй! (Зауыр хæдзары фæмидæг.) Бафид- дзынæн дын, ис мæм цыдæртæ: къухдарæн, фæрдгуытæ... Хъæлæс (уынгæй). Кæцæп? Бастæрдтам æй иууылдæр’ Хъусыс? Бацымдтам æй.. (Ныззарыд.) йех, Маруся, цы мын фæдæ, Маруся. (Ацыд.) (Хъахъæнæг æрбадт, ныззæмбыдта, ныссабыр, Зауыр дурыи æмæ сыкъаимæ, æхситтæй заргæ, бараст ныккæндырдæм) X ъ а х ъ æ и æ г (ауыдта йæ) Гъсп, гъсй, кæдæм? Зауыр. Мæпæ, зæгъып, нæ уазæгæн иу арахъ авæроп. Æгъдау нал и? Ай хæдзар куы у! Хъахъæнæг. Цы, цы? Арахъ^! Ахстаэн?! Зауыр (бынтон æнæхин хуызы). Æмæ цы? Нæ пын æмбæлы? X ъ а х ъ æ н æ г. Гъей, æрра псты дæ? «Уазæг».. Æрп ма йæ ардæм! Æцæг уззæг æз куы дæн. Уа-артæ ме ’мбаллттæн бæрæгбоны хæлц.. Мæнæн та фучъи! Цæмæп? Цæй, ма мæ дзурып кæн, афтæ дæр мæ хурхы уа- дындзтæ ныддæнгæл сты. 3 а у ы р Цæмæй? X ъ а х ъ æ н æ г. «Ура» хъæр кæнынæй 3 а у ы р. Æмæ цæуыл хъæр кæныс^ Хъахъæнæг Булкъопы бардзырд (Фæзмы йæ.) «Бырсгæут размæ! 89
Ур-ра!» Æмæ нæ партнзантæ ныххафынц. (Æнæвдæлонæй.) Цæй, рауадь;, рауадз! Цалынмæ ничима фæзынд, уæдмæ. 3 а у ы р, Æллæх-бæлллæх, омæ дын исты комдзаг радавон, фæлæуу!: X ъ а х ъ æ н æ г. Нæ хъæуы, ис мæм. (Смуды йæ дысмæ.) 3 а у ы р. Гъа, уæдæ. (Сыкъа айдзаг кодта æмæ йæм æй радта.) Хъахъæнæг (анызта). Ай ницы. Æри ма! (Дурынмæ фæлæбурдта, йæ арахъ ьш банызча æмæ йæ фæстæмæ радта Зауырмщ.) Бузныг! Ды... хорз лæппу дæ... Бузныг... \ фæлæ æз дæр хорз лæг дæн! Ды... мæиæн... Ггык... Æз та дæуæн... Фæндараст! Хуысгæ! Бай-бай . .Ам лæууæн нæй. Æз хъахъæпæг дæн! Ды та... Размæ! Дæ хуыссæнмæ... Ур-р-ра! (Худы.) 3 а у ы р. (тыргъмæ ссыд.) Хæрзæхсæв. (Аууоны слæууыд, аивæй кæш хъахъæнæгмзз.) Хъахъæнæг (йæхинымæр цыдæртæ дзуры, зарын дæр фæлвары). «Хæрзæхсæв». «Хæрзбон»... Ныхæстæ сты уыдон. Кæм и хорз æхсæв? Хорз æхсæвтæ. (Фехситт кодта.) Фюит... (Ныззæмбыдта, æрсабыр, йæ хуыр-хуыр ссыд.) Зауыр æм бахъуызыд, байхъуыста, ныккæнды фæмидæг, æмæ уайтагъд фездæхт{ Заубатыримæ. Хъахъæнæг базмæлыд, бахъуыр-хъуыр кодта, сыстынмæ хъавыд, фæлæ йын Заубатыр карды фистонæй йæ сæр ныщавта æмæ æрфæлдæхт. Тыргъы фæзынд Дуду, Уыдон æй нæ уыныиц. Уынгæй æрбайхъуыст кæйдæр ныхас. Исдуг лæугæ аззадыстьи 3 а у ы р. Фæстап’ дуарыл ахиз! Хади дæм бæхты цур æнхъæлмæх кæсы. 3 аубатыр (йæ уæлæ кæны хъахъæнæджы нымæт æмæ худ) Ныр дæуæп дæр ам ныллæууæн нал ис! Цом! 3 а у ы р. Феййафын дæ. Ды уал ацу! (Хъахъæнæджы фондзæхстон фелвæста.) 3 а у б а т ы р. Хорз. Æрмæст нæ бынат аивтам. Хурджын дæлвæзы Уæпгуыты лæгæт. (Ныккæнды фæмидæг.) Дзиппа (уынгæй). Хъахъæнæг! (Хæстæгдæрæй) Хъахъæпæг!. (Æрбацыд) Къуырма ба..,. (Фæкомкоммæ хъахъæнæгмæ, аджих.) 3 а у ы р (фондзæхстон æм фæдардта). Ма фезмæл, кæннод... Д з и п п а. Сабыр, сабыр, уый| хъазæн нæу, лæппу. 3 а у ы р. Æз хъазгæ нæ кæнын, сыппа! Д з и п п а. Уæдæ сабыргай баныхас кæнæм. (Фæцæй йæм цыд.) 3 а у ы р. Æнцад! Æхсын дæ! Рахъуызыд Угъалыхъ, чъылдымырдыгæй йæхи ныццавта Зауырыл æмæ йын чысыл хъæбысхæсты фæстæ Дзиппаимæ йæ къухтæ сбастой. Д з и п п а. Ахст| лæг кæ,м и? Заубатыр цы фæци? У г ъ а л ы х ъ Ау, аирвæзт та?! Д з и п п а. Тс!! Фæлæуу, хъæлæба нæма! Булкъон æй куы базона — бабын нæ кæндзæн. Фæлтау, æнæуæлдай фæдисæй йæ фæдыл, дардмæ нæма ацыдаид! (Зауырæн.) Кæнгæ нæ йæ фæдыл, бирæгъы лæппын! 3 а у ы р. Нагъ! Нагъ! Д з и п п а. Уæдæ уæд... (Дамбаца ласы.) Куыдзы мард! — Дуду (тыргъæй æргæпп кодта). Нæ! Нæ! (Дзиппайыл йæхи ныццав-- та,) Ма йæм æвнал! 90
Д з и п п а (иуварс æй фехста). Мæнæ дын дæ фыды хатыр, уый йед- .дæмæ... У гъ а л ы х ъ. Æ-гъа, уæдæ! А-а, куыдзы хъæвдын! Д у д у. Куыдзы хъæвдын нæ дæн! Дæу хъæвдын дæн... дæу, уæйгæ- нæджы хъæвдын! (Скуыдта.) Угъалыхъ. Цы, да-а-ам? Кæй æвзагæй къæу-къæу кæныс дæ фыд- мæ?! 1<æй сæрыл лæбурыс дæ фыдмæ?! (Иæ ронбастæй схс фелвæста, фæ- цæуы йæм.) Æз дын ныртæккæ дæ цармæй гæрзытæ рауадздзынæн! Уæ дыууæйæн дæр! (Нæмы йæ.) Д у д у. Нæ хъæуы! Нæ хъæуы! Æ м б æ р з æ н. Фæпдзæм ныв 'Хъæд. Хур дзæвгаргхуад. Рыгæйдзæгтæй, фæлладæй, йæ лъæхтæ йæ фæ- <дыл ласгæ, цудтытæгæнгæ тыхцыд кæны Дуду. Алырдæм акæстытæ кæны, байхъусы, стæй та араст вæййы. Æашгпайды фæцудыдта, ахауд. Тыххæйты ^:ыстад, йæ хыд асæрфта, йæ бон акъахдзæф кæнын не ’сси æмæ та æрбадт. Дуду, Ау, уæдæ сæ не ссардзынæн? Ыæ, агургæ, агургæ! Тагъддæр, тагъддæр! Æнæ ссаргæ сын нæй! Нæ, нæп! (Тыххæйты та сыстад, фæлæ куыддæр феикъуысыд, афтæ йæ размæ фæци Заубатыр.) 3 а у б а т ы р. Дæ фæндаг раст, лæппу. Дуду. Уауу! (Дисгæнгæ.) Заубатыр?! Заубатыр. Уæллæй, ссардтап мæ. Рагæп дæм æнхъæлмæ кæсын. Куыддæр хъæды фæмидæг дæ, афгæ ,мæм лæппутæ фæхабар кодтой. Гъы, чи дæ рарвыста? Мæнгæп нæ акæнынц, сæгъ цы уа, йæ сæныкк дæр уый Цас дын фндынц мс ссарæггаг, фæдысмудæг къæбыла?! Д у д у (скуыдта) Нæ дæн фæдысмудæг! \\æ дæн! Æз. Æз дæм тæргæ бæхæй фæцыдтæн, ды та.. 3 а у б а т ы р., Цæмæн. Дуду. Зауыры æрцахстоп 3 а у б а т ы р. Цы, цы? (Аджих.) Сайыс! Уæдæ ма мын зæгъ... Чи дын бацамыдта нæ бынат? Дуду. Ды! Заубатыр. Æз? Дæхæдæг дæхиуыл комдзог рацыдтæ Мæ фыны ’дæр дæ пикуы федтон, .мæ фыны! Д у д у. Æз дæ фсдтон. Дысон. Ныккæндæй куы фæцæйлыгъдтæ, уæд. 'Фсхъуыстон, Зауырæн куыд^ фæдзæхстан, уый. 3 а у б а т ы р. Куыд? Д у д у. «Нæ бынат аивтам. Хурджын дæлвæзы Уæйгуыты лæгæты», тыххæй ма йæ ссардтон. Иу хатт дзы мæ фыдимæ уыдтæп. 3 а у б а т ы р. Кæд æп æрцахстой? Д у д у. Дысон, дæ хæд фæстæ 3 а у б аг ы р Æмæ ныртæккæ кæм и? Дуду. Штаб.мæ йæ акодтой... Афтæ, дам, ын загътой «кæнæ нын пар- тизанты бынат бацамон, кæнæ мæлæт». 91
3 а у б а т ы р. Æмæ? Д уд у. «Нæ зонын», «Нæ зонын», дам, кæны. Амардзысты йæ... Заубатыр (къахæгау). Омæ сын æй бацамонæд фæлтау. Д У Д У (æрбамæсты). Зауыр ахæм лæппу нæу! 3 а у б а т ы р. Нæу уæллæй. Цæй, цы йыл стыхстæ? Уе ’ххуырстæй æндæр ма исты у? Цыдæр мæгуыргур, де знаг. Д у д у. Ницы: у ме знаг! Зауыр хорз лæппу у! Стæй æппындæр пицæ- мæй тæрсы. Уæллæй, знон уый куы нæ уыдаид, уæд... Афонмæ мæ кой’ дæр нал уаид. Фæцæйбып кодтон, фæлæ мæ доны бынæй сласта. За уб атыр. Уæдæ дзы ды дæр хæс куы дарыс мæнау, стæй цавæр- хæс? Цард! Æнæхъæн цард! Иунæг боны дæргъы дыууæ лæджы бахызта мæлæтæй. Цæмæн — дыууæ? Æртыккаг та Хадизæт. Æрбацыд Хадизæт. X а д и з æ т. Дуду! (Шæхи йæм баппæрста, хъæбыстæ йын кæны.) Д у д у. Хади?! X а д и з æ т. Мæхи дзæбæх Дуду! Мæ фæлмæнзæрдæ Дуду. Кæцæй фæдæ? Мæн агуырдтай? Æви нæхимæ исты æрцыд?! Цæй-ма! 3 а у б а т ы р. Æрцыд! Стыр бæллæх! Зауыры æрцахстой. X а д и з æ т. Дæ-дæ-дæй, мæ хæдзар куыд фехæлд! 3 а у б а т ы р. Цы чындæуа, уæдæ? Рæстæг цæуы. Кæд рацыдтæ уæхицæй? Д у д у. Бонивайæнты. Заубатыр. Фистæгæй? Д у д у. Нæ цъæх байрагыл. - , 3 а у б а т ы р. Кæм и? Д у д у. Хъæды иу чысыл куы ’рбауадтæн, уæд æвиппайды мæ быны æрхауд. X а д и з æ т. Мæгуыры бонтæ! 3 а у б а т ы р. Бабын кодтай бæх. Искуы ма æвæлтæрд байраг афтæ тæргæ фсдтай? Дуду. Уæдæ ма цы акодтанн, салдæттæ мæ куы расырдтой, уæд. 3 а у б а т ы р. Салдæттæ? Æмæ цы фесты? Д у д у. Фехстытæ мæ кодтон, стæй аздæхтысты. Хадизæт. Дæ-дæ-дæй, гъемæ дæ куы амардтаиккой, уæд та? Д у д у. Амарæнт мæ, фæлтау! Ахæм худинаджы бæсты. «Уæйгæнæджы лæппын». * Заубатыр. 0, худинаг къубалмæ! Нæ-æ, æз нæ фæцæрин ахæм. фыдимæ. X а д и з æт. Æз дæр! Д у д у. 0,мæ, уæдæ цы фæуон? 3 а у б а т ы р. Алчидæр хъуамæ йæхи фæндагыл цæуа. Д у д у. Æмæ кæм и мæ фæндаг? 3 а у б а т ы р. Махимæ, лæппу, махимæ! Д у д у. Исыс мæ уæхимæ? Заубатыр. Кæд цæттæ дæ... кæд дæ ныфс хæссыс... 'Дуду. Хæссын! Бæгуыдæр! Заубатыр. Ахъуыды кæн, дæ фьтд... ’ Дуду. Дæхæдæг куы загътай... алчидæр йæхи фæидагыл цæуæд.._ Заубатыр. Æри дæ къух! (Къухтæ исынц.) 92
X а д и з æ т. Цæй-ма, цы кæнæм Зауырæн, мæгуыр? Ау, æппын ницы амал ис йæ фервæзынæн? 1 Д у д у„ Ис! Мæ цыды сæр дæр уый тыххæй уыдис! 3 а у б а т ы р. Цы у, цы, зæгъ ма? Дуду. Баивут нæ сæрмæ — сæр! Æрмæст тагъддæр, тагъддæр! Бай- рæджы уыдзæн! 3 а у б а т ы р. Уымæй ницы. Цæмæн сæ хъæуыс ды? Д у д у. Ау, мæ мад æмæ/ мæ фыды дæр ницæмæнуал хъæуын? Зæгъæм^ абол мæхæдæг пæ рацыдтæн, >фæлæ мæ раскъæфтат. Заубатыр (йæ ныхæстæм аджих, ахъуыды кодта, стæй цингæн- гæйæ). Æмæ нæ хъыгдаргæ та цы, кæны йæ бавзарын?! Хъус-ма, сæрæн- гуырд! Æнхъæлдæн ды... замманай хъуыды! (Хъæр кæны.) Дуги! Хъæлæс (дардæй). Уæй! 1 3 а у б а т ы р. Дæ фыссæндзаумæттæ ма радав! Рæвдз! X ъ æ л æ с. Фæтæхын! 3 а у б а т ы р. Дзастемыр! | X ъ æ л æ с (дардæй). Циу? 3 а у б а т ы р. Тагъд дæ бæхыл- саргъ авæр æмæ ардæм! X ъ æ л æ с. ’ Хъусыц, Заубатыр! 3 а у б а т ы р. А, Уастырджи, æххуысгæнæг ньп{ у! Зауырбег де уазæгЕ Æмбæрзæн. Æхсæзæм ныв Уат Уырысханы штабы. Æмбисбон. Æддейæ хъуысы салдæтты хъæлæба. Зауыр цæфтæй хуыссы зæххыл. Йæ уæлхъус лæууы Дзиппа, йæ дыстæ ми- дæмæ фæлдæхт, йæ къухы ехс. Д з и п п а. Уæлæмæ! Кæмæ дзурын æз?! (Ехсæй йæ ныццавта.) Уæлæмæ сыст! (Ныццавта та йæ. Зауыр тыххæй сыстад. Йæ дзаумæттæ скъуыдтæ. Йæ цæсгом тугæрхæмдтæ.) Дзургæ, кæд ма дæ цæрын фæндыг. уæд! Кæдæм алыгъд уыцы чызг? 3 а у ы р. Нæ зонын. Д з и п п а. Кæм ис Заубатыр? 3 а у ы р. Нæ зопын. » Д з и п п а. Кæд сæм уыдтæ фæстаг хатт? 3 а у ьг р. Никуы. ’ ч Д з и п п а. Чи сын хæссы хæлц? 3 а у ы р. Нæ зонын. Д з и п п а. У-у, дзидзидай! Цæй, хорз... Æрмæстдæр мын сæ бынаг бацамон æмæ фæндараст. Цæй?! 3 а у ы р. Нæ йæ зонын. Д з и п п а. Нæ йæ зоныс, нæ? Цыбыр дзырдæй, нал дæ фæнды цæрын. Гъемæ, гауарда! Æртæйы онг нымайын, гъестæй рухсаг у! (Зауыры къæмисæныл дамбаца авæрдта.) Иу... дыууæ... Угъалыхъ (хъæлæс æддæдуарæй). Фæлæуут! Дæ бæрзонддзинад! Уырысхан! Ма бакæн! Дæ мад, дæ фыды хатыр! (Фæмидæг.) 93
Уырысхан (рацыд ’мидæггаг уатæй). Цы хабар у? (Æрбацыд Ба^ лбила, Дзиппа йæуромы.) ’ Б а б и л а (хъарæггæнæгау). Охх, цы кæнон, цы кæнон, мæнæ мæ "бипонты хуыздæр фыдæлгъыст куы фæци! Охх, мæ бон куы бакалд, маь бындур сау зылд куы ныккодта, хорз адæм, уæд ма куыд акæнон?! О, мæ мæгуыр иунæг, куыд ма цæрдзæн дæ мад ниугæ ’мæ дзыназгæ? О, мæ *бон..ч ’’ Д з и п п а (Бабилайæн). Бахатыр кæн... ныртæккæ ардæм цæуæн нæй! Б а б и л а. Кæдæм ма фæцæуон, гормæттæ, уæдæ? Хæрзбын куы ’бадæн, уæд? У ы р ы с х а н. Рауадз æй! Бабила (бахæстæг Уырысханмæ). О, дæ-дæ-дæ-дæй, куыд ма акæ- ион, куы мыл батар мæ хур, куы ахуыссыд мæ цæстьг рухс, куы аскъуыди мæ зæрдæйы уидаг! У ы р ы с х а н. ’ Цæн,-хорз, хорз! Уæ сæрыл пæ куы систат цавæрдæр - æхг.уырсты тьцххæп! У г ъ а л ы х ъ. Ныббар, Уырысхан, фæлæ йыл исты куы ’рцæуа, уæд ’бабып ис мæ хæдзар! У ы р ы с х а н. Ау, дæ хæдзар мæнæ ацы гæмхетыл лæууы? Æви иу ахæм нал ссардзынæ? У г ъ а л ы х ъ. Ахæм ссардзынæн, фæлæ мæ пунæг хъæбулы нал ссар- -дзынæн. Иæ цард дæ къухы ис, Уырысхан! Æрмæстдæр æй дæу бон у мæлæгæй бахпзып! Уырысхан. Уæддæр та «уыци-уыцитæ»... Уæ хъарджытæ ма ныхъ- хъуытты уадзут æмæ мын хъуыддаг бæлвырддæр бамбарын кæнут! (Дзшг- пайæн Зауырмæ ацамыдта.) Акæнут уалæй! ( Дзиппа Зауыры акодта. 'У-гъалыхъ. Аскъæфтой мын æй! Барæхуыстой мын мæ зæрдæйы зæрдæ! Ныр мæм æрæрвыстой: æрмæстдæр, дам, æй мæнæ (Зауыры фæдыл ацамыдта.) ацы мæлипагыл ивæм! Кæннод дам... йæ зæгъын дæр зын у... ’Стæн, дам, йæ сæрæй æрду дæр куы ’рхауа... уый мæнæ уый сæрæй,— Ч’æд, дам, дын дæ фырты сæр... Б а б н л а. О, дæ-дæ-дæй... Угъалыхъ (Бабилайæн). Фæлæуу! Æрыхъус уал чысыл! (Уырысха- нæн.) Фæстаг æмгъуыд, дам... Мæнæ ма йæ дæхæдæг бакæс, гъа. (Гæх- хæтт æм радта.) У ы р ы с х а н (кæсы йæхииымæр, æрмæст иугаа ныхæстæ сдзуры хъæр- дæрæй). «...гм-.. гм.., кæд бафидауæм, уæд-иу æй рарвитут Елиайы Сынæг- мæ. Дæ фырты дæр дын уырдæм æмбæлын кæндзыстæм. Гм.. гм... фæстаг æмгъуыд...» Кæд æй аскъæфтой? > У г ъ а л ы х ъ. Æмæ гъа. Дысон изæр нæ хæдзары уыди. Кæд æм- бисæхсæв, гъе, абон райсом... Уыр ы с х а н, Куыд? Кæцæй? Угъалыхъ Æмæ гъа, нæ зонын. У ы р ы с х а н (тынг æрбамæсты). Уæдæ ма цы зоныс? Иæ фырт фе- сæфт, йæ чызг фесæфт æмæ, дам, «мæгъа»... Æвæццæгæн дын дæхи куы... ’чн дæм æрхаста ацы фыстæг? Кæд?. '94
Угъалыхъ. Уæ, уыдæттæ куы зонин... Кæртмæ йæ баппæрстæуыд.- Марадз, базон æй, чи уыди, кæд уыди. У ы р ы с х а ц. Хæлнудзых! Бинонтæ нæ, фæлæ цыдæр абырджыты бал! Уæдæ сын, æвæццæгæн, зынаргъ у ацы абырæг, и? Æмæ сын æй мах дæр афтæ аслам сæ къухты куыд фæсадзæм, и? У г ъ а л ы х ъ. Куыд аслам дæм кæсы мæ хъæбулы цард, Уыр’ысхан? Нæ, нæ! Ма мын фесаф мæ иуиæг бындары! Ма мæ фæкæн мæ фыдгул- ты фæндпаг! 0, Хуыцау, мæ тæригъæд дæм хъарын! Бабила (Угъалыхъæн). 0, о, адæттæ мын дæу бæллæхтæ сты! Хуыцауы раз дзуапп хъуамæ радтай де ’гъатыр митæн! Фæлæ мæ иупæ- джы æназым сыгъдæг ту1æп цæмæн? Цы гæпæг уыдн уый?! (Кæуы, Уы- рысханæн.) Ыæ бавзæрстай хъæбулы ад... Цæмæй зоныс дунейы хæрзтæй ныййарæгæн хъæбулæй зынаргъдæр кæй ницы нс... Цæмæй зоныс, дунейы зынтæй ныййарæгæн хъæбулы зынæй зындæр кæй ницы ис... 1 У ы р ы с х а н. Цæй, хорз! Æрсабыр у. Ацу уал... мах аныхас кæнæм. Исты уынаффæ уыдзæн. Бабила. О, иунæг кадджын Хуыцауы хатырæй... Угъалыхъ. Цæмæ ма лæууыс, цæй?! Бабила ацыд. У ы р ы с х а н. Хъус уæдæ, Угъалыхъ. Баивдзыстæм сæ. Æрмæст дзыр- дæй: хъуамæ æвæстиатæй амæла Заубатыр! У г ъ а л ы х ъ. Куыд, куыд?! У ы р ы с х а н. Куыд, кæм, цæмæй... уыдæттæ дæхи хъуыддаг сты! Искæй æлхæныс, дæхæдæг æм цæуыс... Кæннод дæ фырты цард аскъуын- дзæн йæ бæсты! Угъалыхъ. Нæ, нæ! Разы! Хуыцауæй ард хæрын, цыдæриддæр зæгъат... У ы р ы с х а н (хъæр кæны). Дзиппа! Дзиппа (рауад). Хъусын, дæ бæрзонддзинад! Уырысхан: Ротмистрæн фехъусын кæн мæ бардзырд: Ныртæккæ акæнæд мæнæ ацы сырды лæппыны Елиайы Сынæгмæ, стæй-иу æй дарддæр арвнтæнт иунæгæй. Уыцырдыгæй та рарвитдзысты... мæнæ хъæуыхнцауы фырты. Цыбыр дзырдæй, (гæххæтт æм радта.) мæнæ ам куыддæриддæр фыст и, афтæ-иу бакæнæнт. Намæ чысылдæр истæуыл фæгуырысхо сты,. уæд æй æхсгæ! \ У г ъ а л ы х ъ. Æхсгæ, зæгъыс? Æмæ уæд... У ы р ы с х а н (Угъалыхъæн). Дæхæдæг дæр ацæудзынæ семæ.^ Æ м б æ р з æ н. Æвдæм пыв Угъалыхъы кæрт. Изæр. Хæдзарæй рацыд Дуду. Иæ къухы фондзæхстон. Аракæс-бакæс кодта, асинтыл æруад, цæхæрадонмæ фæцæйцыд, фæлæ йæ фæдыл рауад йæ мад. Б а б и л а. Лæппу, кæдæм? Мæ хæдзарыл, уымæй та цы кæныс? Д у д у. Уымæй? Мæнæ йæ, зæгъын, асыгъдæг кæнон. Б а б и л а. Цæй-ма, о. Уый æнæ дæу дæр сыгъдæггæнæг уыдзæн. 95
Æдзух дын уый дзурын: ма ^внал уыцы æнæхайыры хæцæнгæрзтæм, фыд--1 былыз сты! Д у д у. Омæ, фыдбылызæн конд сты, гыцци. Б а б и л а. «Тобæ» зæгъ! Хуыцау дæ бахизæд! Нырма ну бæллæхæй тыххæй куы фсрвæзтæ. Д у д у. Ма мын тæрс, гыцци. Мæхи дзы аирхæфсон, æндæр дзы цы кæнын. Бабила. Куыннæ стæй. Æрбакæс ма мæм комкоммæ, лæппу! Нæ, нæ, мæ цæстытæм! Нæ, мæ къона, нæ, гæды пыхас нæ зоныс æмæ нæ ма кæн. Д у д у Æндæр дын мæ бон пицы у, зæгъын. Ба била. Мацы зæгъ, фæлтау! Уæддæр гæды ныхас нæ! Д у д у. Гъемæ хорз, гыцци. Бабпла. Уæ, гыцци нæ рынтæ ахæра иунæг гæбулæп! (Æрбахъæбыс -æй кодта.) Куыд нæ сæрра дæн ацы бонты, æвæдза. Д у д у Цæй-ма, гыцци, кæд дын сывæллон нæ дæн. (Иæхи уæгъд ■кæны йæ мады хъæбысæй.) Цæй-ма, худинаг у. Б а б н л а. Нал дæ, нал сывæллон æмæ ууыл цип кæнын æз дæр Ай- рæзти, алæг и мæ гыццыл къона! Угъалыхъ (хъæлæс хæдзарæй). Цы фестут, гъей? Б а б и л а. Фæцæуын! (Дудуйæн.) Ацу, бафснай йæ æмæ уазджытæм -бакæс, дæуыл цпн кæнынц. (Бацыд хæдзармæ.) Æнæ уынæрæй кæрты февзæрд Зауыр. 3 а у ы р. Цæй-ма, кæдæй дæм кæсын? Дуду. Гыцци мæ ныффæстиат кодта. (Топп æм дæтты.) 3 а у ы р, Федтон æй. Гилдзытæ та? Д у д у. Мæнæ. (Йæ ронæй исы гилдзытæ, Зауырмæ сæ дæтты.) 3 а у ы р (гилдзытæ йæ роны тъыссы). Æндæр дæ ничи федта йæ рахæсгæ? Д у д у. Ничи Мæнмæ сæ нс ’вдæлы. 3 а у ы р. Рагæп бадынц? Д у д у. Рагæй. Тсс, чидæр рацæуы! Хадпзæт у. Зауыр Къутупы фæстæмæ! (Хæдзарæй æд къæрта рауад Хадизæт, аууонæй.) Хади! Хадизæт. Зауыр! Цæмæп æрбацыдтæ ардæ,м? Дæ-дæ-дæй, куы дæ базоион, уæд бабын ис дæ сæр! Зауыр. Уын фендзыстæм, кæддæра кæй сæр раздæр æрбабын уыдзæн! Цæттæ стæм мах! Нæ адæм хæрз æввахс æрныгъуылдысты фæлæбурын æвввонг Заубатыр уæм фæдзæхсы: пыббырсты рæстæг, дам, уæ сæйраг хæс булкъоны бауромын цыфæнды зыпæй дæр, цалынмæ, дам, мæхæдæг хæццæ кæнои, уæдмæ! X а д и з æ т. Тыххæй пæ мæхиуыл æрæууæндын кодтон... «тъизгæ, ризгæ, хатыр кургæ», фæсмон... Фæлæ дарддæр та? 3 а у ы р. Куыд баныхас кодтам, афтæ. Куыддæр уæ хосы мæкъуылтæ ссудзой, афтæ-иу райдайут. Д у д у. Чи сыл бандзардзæи? , 3 а у ы р. Æз. Нæхионтæ куы ныццæвой, уæд. Кæд булкъон дæр уæдмæ ■ срæгъæд ,уаид (Дудуйæн.) Дæ «пулемет» кæм и? Д у д у. Мæнæ. (Æвдисы къæр-къæргæнæн.) #6
3 а у ы р. Фос куы раскъæрай, уæд-иу æй скусын кæн. Стæй-иу дæ -1ых, дæ бонæй ныййала-ла кæн, æз дæр: «Сырхытæ! Партизантæ! Лидзгæут тагъд! Сæфæм» .. Бæстæ хъæр, хъæлæба, фæдис куыд суа. Æз дæр дæм фæкæсдзыпæн Сонтæй сæ фыртæссæй куыд сæ,мтъеры уон. Ды та-иу, Хади, булкъ’оны уром, псты хуызы йæ ныффæстпат кæн. Уæдмæ Заубатыр дæр зындзæн. Гъсй-джпдп, булкъопы далæ уырдæм Оасап’ (Ххдзарæй хъæлæба райхъуыст.) Хадизæт. Æнхъæлдæн рацæуыпц! (Зауырæн.) Æмбæхсгæ дæхп! 3 а у ы р Ухх, æз сын... (Топп фæхъил кодта.) Дуду (йæ къухмæ Лыи фæлæбурдта). Нæ! Дзырд мын куы радтат! Кæд цыфæнды у, уæддæр мæ фыд у! Æмбарыс, мæ фыд?! Зауыр Æмбарын о, Заубатырæп кув. Уый мæ куы уадзид, уæд ын æз фснын кæнин! (Фæаууон.) Раиыдысты Уырысхан æмæ Угъалыхъ. Нозт сыл бæлвырд фæзынди. Уг ъ а л ы х ъ. Хуыцау дын мæ бæсты раарфæ кæпæд! Нæ арын æз дæу аккаг арфæ(гæ! Куывдты рæстæг, дам, иæу. Ау, мæ иунæг быидар, ингæнæй куы схызт, уæд куыд нæ скувон Хуыцауæн æртæ чъирийы? Куыд нæ пып æрхæссоп нывондæн иу тохъыл^ Хъусыс, лæппу, знон дыккаг хатт райгуырдтæ Уырысханы руаджы! Бадар æй дæ зæрдыл’ Йæ хорздзипад нып цæрæнбонты дæр фиддон уыдзæни! Бамбæрстан æвн нæ?! \ Д у д у. Бамбæрстон, дада. (Ацыд.) Угъалы^ъ. Æрыхъус-ма/, Уырысхап! Мæнæ дын (Йæ риу хойы.) æнæсайд лæггадгæнæг, æххуырст! Уæлæуыл дын бæх, мæрдты дын хæрæг! У ы р ы с х а н. Хорз, хорз. Бæхтæ ',мæ хæрджытæй мæ къубалмæ дæн. Мæн Заубатыр хъæуы! Æгасæп кæнæ мардæп! Угъалыхъ Уыдзæн! Ард дын хæрын абопы бонæй, не сфæлди- сæг Хуыцауы бонæн! Уырысхан. Кæд, кæд?! 0, хæдæгай, дысон мын цæуылнæ фе- хъусын кодтап уæ чызджы раздæхты хабар? Угъалыхъ Æнафон уыд. (Стæн йæ, зæгъын, уадз, æнæнхъæлæ-> джы фенап. Æхсызгондæр вæйпы. У ы р ы с х а н (йæхинымæр.) Æнафоны... Иунæгæй... (Угъалыхъæн.) Æмæ, дам1, кæм уыдн? 'х У г ъ а л ы х ъ. Сыхаг хъæуы, зæгъы. Йс стыр мадырвадæлтæм. Тыиг æй фæнды дæ фспын. Хъуамæ, дам, дзы хатыр ракурон. Нæ-æ, янæзонд сылгоймаг нæу! Æрæмбæрста бонджын æмæ гæвзыккæй цы хъауджыдæр ис)„ уый. Уырыахап ’(йæхии^мæр). О, æпæзопд сылгопмаг нæу! Нæу,1 нæу. Ау, æмæ дьпь Заубатгры коп ницы ракодта^ Угъалыхъ. Æ-гъа, ’уæдæ! Дзуæртты стæн, Уырысхан, деуæп»ы кæсыс! Ракодта бæтуыдæр’ 7:тсоп æй дзæбæх куы стæрсынтæ кодтон, уæд мыи басаот, зснып, д^м, æп кæм æмбæхсы, уый. У ы р ы с х а н . Афтæ-æ! Гъе, уый дын хъуыддаджы ныхас. Афтæмæй ис ба,мбарæн: кæм уыдпс, цы уыдис, цæмæп уыднс, уыдæттæ... Ныр алцы дæр йæ гаччы ’абаддзæн.,. Фæдзур-ма \йæм ^ардæм æмæ нæ бауадз аны- хас кæнын. 7 Мах дуг № 1 97
Угъалыхъ (хъæр кæны). Чызг! Хадизæт! Дæ разы ма уазал бæй гæпы радав! / X а д н з æ т (рацыд, йæ къухы дурын æмæ къус). Мæнæ.. Угъалыхъ. Аулæф уал ам, дæ бæрзонддзинац, кæдæм тагъя кæныс! Дæ афицертæ дæр æвæгæсæг не сты. Арвыстам" сын алцыдæр... фыдызгьæлæй, нозтæй. Мæнæ уал ам бæласы бын сатæджы абад. Чызг, аллæгад кæп пæ буц уазæгæн. Æз ныртæккæ. (Хæдзармæ бацыд.) Уырысхан бæласы бын æрбадт. Хадизæт æм бæгæныйы къус радта. У ы р ы с х а н, Бузиыг. X а д и з æ т. Сдзурын дæр нæ уæндын, фæлæ... Ныххатыр кæн» æвидауц ъштæ акодтон, фæлыгъдтæн... У ы р ы с х а н. Цæмæн? X а д и з æ т. Фæгарстæн æмæ) мæхи бамбæхсинаг уыдтæн. У ы р ы с х а н. Цæмæй фæтарстæ? X а д п з æ т. Мæгъа. Алцæмæй дæр. Дæуæй дæр. У ы р ы с х а п. Уæдæ ма цæ,мæн раздæхтæ? Æви лыр инцæмæп уал; тæрсыс? X а д и з æ т. Тæрсын, фæлæ... Мæ фысымтæ мæ сразæнгард кодтой. Уæ бафидыды хабар, дам, дзыллæтыл куы айхъуыст, уæд ма, дам, цы ракъуыр)-бакъуыр кæныс? Чи’ ма дыл баууæнддзæн? Уæддæр, дам^ афтæ зæгъдзысты... У ы р ы с х а н. «Дам», «дам», «дам»... Куыд «дам» зæгъдзысты? X а д и з æ т (йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта). Фæхъазыд дзы- æмæ иæ фæуагъта... Фæлтау — æгъдауыл... Уы’рысхап. Æгъдауыл, ^и? Афтæмæй дæхæдæг та бынтошГ æнæгъдау дæ Алыгъдтæ, æрбалыгъдтæ.. æхсæв уа, бон — лекка кæныс дæхицæн. Нæ-æ, чызгай, мæн афæливын афтæ æнцон нæу! X а д и з æ т. Мæ хæдзарыл, цæмæн афтæ зæгъыс? У ы р ы с х а н. Уы,мæн æмæ ды Заубатыр æмæ йе ’мбæлтты хабар- хæссæг дæ! Афтæ пæу? X а д и з æ т. Цытæ дзурыс?! Тæригъæд дын нæу?! Цы тугтæ мыл мысыс?! У ы р ы с х а н. Ныр æй базыдтон, чи нæ уæй кодта, уый. X а д и з æ т. Куыд æгъатыр дæ! У ы р ы с х а н. Æгъатыр? Æз? Æппындæр нæ. Бынтон фæлмæн- зæрдæ. Ныртæккæ нæ фендзынæ дæхæдæг. (Хъæр кæны.) Угъалыхъ1 Угъалыхъ (рауад). Дæ бæрзонддзинад... (Фæхъу<\. Уæлдæфмæ смуды.) Кæмдæр цыдæр судзы?! (Кæртмæ æруад, кæсы цæхæрадоны- рдæм.) Цы? Уын та... Мæ хостæ! (Фæаууон.) Б а б и л а (æрбауад уынгæй). Мæ хæдзарыл, цавæр фæдис у? Истьг ’рцыд æви? Угъалыхъ (хъæлæс). Чи?! Чи мын бандзæрста мæ хостыл?! Фæ- дис! Чи рауагъта фос? Судзæм! Фæдис! Бабила. Мæ хæдзар куыд фехæлд! Лæппу! Дуду! (Азгъордта.) Сæмхæццæ сты фосы уасын, «пулеметы» къæр-къæр, фæдисы I хъæртæ: «Сырхытæ»! «Партизантæ!» «Лидзгæут»! У) ы(р,<ы с х а н} Адъютант! Хъа’хъæнæг! Цьг ^хæйрæджЪтты амаэттаг фесты?! (Хадизæтæн.) Æнцад лæуу ам! Æз ныртæккæ! (Дамбаца фел- оæста, азгъордта цæхæрадонырдæм.) 98
Æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр æмæ тыхджын «Ура\», хæстæгæй-хæстæгдæр ’кæнынц. Хæстыь уынæр стыхджын. Хадизæт. Куыннæ :стæй, ам дæумæ кæсдзынæн. (Ныккæнды фæмидæг.) Уырысхан (рауад). Хадизæт! (Ракæс-бакæс кæны.) Уæддæр .аирвæзт! У-у, саумукъу налат! Цæгъдын сæ хъæуы! Се ’ппæты " дæр! Ауындзгæ! Æхсгæ! (Къæлиткæмæ фезгъоры.) * У г ъ а л ы х ъ (рауад). -Кæдæм, булкъон? Уым фæндаг иал ис! "Ныккæндмæ! Уырдыгæй цæхæрадонмæ! Æз дæр дæ феййафын... Мæ фоидзæхстоп ма радавон ныртæккæ. (Хæдзары фæмидæг.) Уырысхан щыккæндмæ фæцæйлыгъдя фæлæ Заубатыр йæ размæ фæци. Заубатыр. Æрлæуу, булкъон! Дæ къухтæ! Дæ дамбаца! Уырысхан йæ къухтæ сдардта, йæ дамбаца аппæрста. Разгъордта Дуду, Бабила йæ фæдыл. Б а б и л а. Фæлæуу-ма зæгъын æз! Угъалыхъ [(рауад дамбацаимæ). Чи бавнæлдта мæ фондзæхстон- ’мæ? (Ауыдта Заубатыры, фæхъавыд æм, фæлæ Дуду йæхицæй Заубать1~ ры баууон кодта,, фæцыд гæрах). Дуду (аджих). Дада?! (Æрхауд.) У г ъ а л ы х ъ (исдуг фæуыргъуыйау, стæй цæф сырдау ныууынæр- еъыдта). Лæппу! (Иæ дамбаца йæ къухæй æрхауд.) Иууылдæр Дудумæ фесты. Булкъон йæ дамбацамæ фæлæбурдта зæхмæ. 3 а у ы р (кæд рацыд, уый ничи федта). Æнцад! (Фехста булкъоны, йæ къух ын фæцæф кодта.) X а д и з æ т (рауад). Дуду! Б а б и л а (ныджджих, бацыд сабыргай, ныддæлгом мардыл, паузæйы •фæстæ). О, Хуыцау, кувгæ дæм куы кодтон! Ныртæккæ мæнæ ам .. кæй фзервæзт, уый тыххæй. Ды та... уæддæр мын æй байстай. ^Цæмæн?! (Кæсы Уеъалыхъмæ.) Уый мæ адæмы (тæригъæд судзы! Мæхи хуызæн! æнамонд мадæлты æлгъыст! Фæлæ кæмæн цы кодта ацы сыгъдæг уд? Дæхи дын цæуылнæ марынц, ,мæнæ хъæбулхор?! Угъалыхъ. Æцæг зæгъыс, фæлтау мыи мæхи... (Се ’ппæтмæ дæр.) Амарут мæ! Амарæд мæ псчи! Б а б и л а. Нæ! Ныр цæр иунæгæй, æлгъыстæй! Фæсмон æмæ дын маст бахсынæнт дæ зæрдæ! Абонæй фæстæмæ дыл æвдисæн кæнын æз! Нал ис хъæбул, нал ис бинонтæ! Æз та... æз æй зоныи, ныр, цы мæ кæнын хъæуы, уый. (Уырысханмæ баввахс.) Ды . дæу аххосæй бабын ис мæ хæдзар! О, о, ды дæ а^ы бæллæхтæ амидингæнæг. Æмæ хъуамæ се ^ппæты разæй дæуæй райсон мæ маст! (Агуры хæцæнгарз.) Æриут мын истыГ У ы р ы с х а н. Æгъгъг и Уæхи аххос сты адæттæ иууылдæр! Уæ- хуыдтæг стут сафинаг, цæгъдинаг! Ауындзгæ! Æхсгæ! Уеппæты дæр! 3 а у б а т ы р. Нсппæтт/ дæр, н? Нæ-æ, булкъон, нал дын бантыс- дзæн! Дзыллæты маст арæмып-та йæ ауæзт æмæ йæ ничиуал бауромдзæп ныр 3 а у ы р (булкъонæн). Цæн, чп кæй аскъæфта? Æмбæрзæн. К æ р о н. 99
Сфæлдыстадой бынтæ Гасситы Лфанасы (Лфæхъойы) ном хорз зонынц ирон дзыллæ. Дзырддзæугæ рухстауæг, æхсæны кусæг, философ, публицист бирæ фарны хъуыддæгтæ сарæзта йæ ирон адæ- мæн. Фæлæ махæн худинаг у, абоиы онг ын йæ бирæ фæллæйттæ кæй нæ бабиноныг кодтам æмæ ’сæ хицæн чингуытæй джшгпы кæй нæ рауагътам, уый. Уæвгæ йын йе сфæлдыстадон бынтæй дыууæ томы сарæзта профессор Цæллаты Харитон, æрмæст ын сæ рауадзын нæ бантыст: алы цæлхдуртæ йын æвæрдтой партократтæ, цъыф калд- той Гасситы ахуыргондыл. Уыцы уавæрты уæддæр Цæллаты Харитонæн йæ къухы бафтыды Гасситы Лфæхъойы тыххæй монографи ныффыссын æмæ джиппы рауадзын. Лцы фыст дæр нæм Харитон æрбахаста, уымæн та йæ профессор Цуциты Барис (рухсаг уæд — æгас нал у) балæвар кодта. Уацы хабæрттæ æмæ факттæ, чи зоны, абон уыййас дис- саг нал сты, фæлæ махæн сæйрагдæр у æндæр хъуыддаг: Гасситы Лфанас йæ уац ныффыста иронау. Хицæн чиныгæй рацыди 1913 азы Владикавказы Габысаты А. Г. электрон типографийы. Нæ ныхасы кæрон бузныг зæгъæм профессор М,зеллаты Харитонæн. ЦАС ÆМÆ КУЫД ФИДÆМ ХЪАЛОН ФЫССÆГÆЙ Адæймаг куы райгуыра, уæд æй зонын хъæуы, цардæн кæй рай- гуырд, уый. Цæргæ куы кæна, уæд æй зонын хъæуы, цард цæмæйдæриддæр у, уыдон се ’ппæтдæр, Раджы, бынтон раджы, бирæ мин азты размзэ цард афтид голлагæй уæлдай нæ уыди. Фæзынд дунейыл адæймаг. Уыцы аДæймаг уыди цард, мæгуыр, алырдæм даер цыбыр цард. Ницы йæм уыди уæды адæймагмæ. Йæ кусæндзаума дæр, йæ /æцæндзаума дæр уыды- , сты дур æмæ лæдзæг. Тынг зын ын уыдис афтæмæй цæрын, æмæ уый 100
тыххæй байдыдта хъуыды кæнын цард хуыздæр саразыныл. Цард хуыз- дæр саразыны тыххæй йæм уыди зонд. Тынг цыбыр уыдис уæды адæй- магæн йæ зонд дæр, фæлæ куыд хъуыды кодта, афтæ йæ зонд дæр тыхджынæй-тыхджындæр кодта æмæ мах рæстæджы тынг стыхджын, Зондимæ рæзыд цард дæр æмае уый дæр мах рæстæджы тынг сыстыр. Ныры цард нал у афтид голладжы хуызæн, фæлæ У дзаг бирæ алыхуы- зон хъуыддæгтæй, йæ аразæг та у адæймаг. Мæгуыр у уыцы адæймаг,' цард куыд арæзт у æмæ цæмæйты у, ныртæккæйы сахатыл, уыдон йæ фондз къухы хуызæн чи нæ зона, уый. Тынг зын ын уыдзæн цæрын. Уыдзæн иннæты æхсæн куырм, гуымиры. Йæ царды фæндагыл цæудзæн уый мæйдар æхсæвы цæуæджы хуызæнæй. Уый тыххæй сфæнд кодтон æз ныффыссын чысыл чиныг. Ныффыстон æй уый тыххæй, цæмæй алчи дæр зона, ныртæккæйы цард цы у, уый. Ныртæккæйы цард нал у фыццаг заманы хуызæн, мах æй куыд æмбарæм, уый хуызæн, фæлæ сси ныр- тæккæйы цард æхца. Ныры цард у æхца, уый зонын хъæуы алкæмæн дæр. Цæмæн нæ хъæуы æхца ныртæккæ, æмæ цы ис æнæ ’хцайæ бакæ- нæн? Æхца хъæуы ныртæккæ алцæмæн дæр, ницы ис æнæ ’хцайæ бакæ- нæн. Уæдæ кæцæй цæуынц æхца? Хардз кæнынц адæймæгтыл æмæ пад- дзахадыл. Паддзахад та цы у? Паддзахад сты бирæ адæймегттæ иумæ, адæмтæ иумæйы хъуыддаджы, сæ иумæйы закъонтимæ, сæ иумæйы зæ/хыл. Куыд цæуынц æхца адæллæй паддзахадмæ? Адæмæй æхца цæуынц паддзахады къазнамæ хъалонæй. Куыд æмæ йæм цавæр фæн- дæгтыл цæуынц, уыдон мах равзардзыстæм алкæй дæр хицæнæй. ЦАВÆР РÆ’ГТÆЙ ПÆУМ ттА ТТДЗАХАДОН КЪАЗНАМÆ ÆФТИАГ? Алы,аз дæр æхцайы министр азы сæрыл, рагацау, сбæрæг кæны паддзахады къазнайæн йæ ног азы æфтиаг æмæ хардз. Сбæрæг кæны уый ноджыдæр, æфтиаг кæцæйты цæудзæн, уый дæр æмæ хардз цæуылты цæудзæн, уый дæр. Æфтиагæн йæ мидæмæйы фæндæгтæ дæр æмæ йæ æддæмæйы фæндæгтæ дæр, Фыциаджыдæр мах базонын хъæуы, пад- дзахады къазнайы æфтиагæн йæ мидæмæйы фæндæгтæ, стæй базондзыс- тæм, цæйбæрц æййафы, уый, стæй ноджыдæр базондзыстæм, алы фæн- дагыл дæр æм хицæнæй ц\æйбæрц цæуы, уый. Уыдон куы базонæм,. уæд паддзахады къазнайаз мах, хииæн адæймæгты, æхсæн цы ис, уый дæр, стæй падд^ахады къазнайæ адæм се ’ппæты æхсæн цы ис, уый дæр йæхæдæг æргом кæндзæн уæд. Цæмæй уый хуыздæр бамбарæм, уый тыххæй райсæм 1904 азы æмæ фенæм, цас æмæ кæцæйты æрбацыд паддзахады къазнамæ æхца уыцы аз, уый. ПАДДЗАХАДЫ КЪАЗНАЙЫ ÆФТИАГ 1904 АЗЫ ÆДÆППÆТ 1904 азы паддзахады къазнамæ æрбацыд æфтиаг æдæппæт 1980 мил- лиуан сомы. Уыдонæй йæм алыхуызон хъалонæй æрбацыд 1270 æмæ V2 миллиуан сомы; къазенный зæххытæ, хъæдтæ æмæ æфсæйнаг фæн- 101
дæгтæ йедтæ — 560 миллиуан сомы; почтæйæ — 31 æмæ 1/2 миллиуан со- мы; телеграфæй — 21 æмее */2 миллиуан сомы; æхцагæнæггаг пайдайæ — 4 миллиуан сомы. Куыд уынæм, афтæмæй къазенный хъæдтæ, хъуыддæг- тæ, зæххытæ æмæ æфсæйнаг фæндæгтæ, стæй почтæ телеграф æмза æхцагæнестгаг пайда уыйбæрц æфтиаг нæ дæттынц. Ноджы, уыдон, цæ- мæй цы æфтиаг дæттын цыл æмбæлы, уый дæттой, уый тыххæй сæ хъæуы кусын; сæ кусынæн та цæ хъæуы æхца, уыцы æхца та сты къаз- найæн хардз. Цы дæттынц, уымæй ма уый дæр куы аппарæм, уæд сæ æфтиаг иудадзыгдæр фæкъаддæр’ уыдзæн. Уыцы æфтиагæй паддзахады къазна никуыдæр æфсæдгæ бакæндзæн, никуыдæр дзы йæ хъуыддæгтæ се ’ппæт баххæст кæндзæн. Къазнайы æфсадæг æмæ хъуыддæгтæ æх- хæстгæнæг у уæдæ хъалон. Уымæй фылдæр æхца йын ничи дæтты — 1270,5 миллиуан сомы. Бирæ æхца сты уыдон. Сбæрæг кæнæм, куыд дæтты хъалон къазнайæн афтæ бирæ æхца, уый. ХЪАЛОН Хорз æххуырст сызгъæрин змис куы ссара искуы æмæ уый æппынæ- дзухæй уæрдæттæй бирæ сусæг фæндæгтыл, йæ хицауы хæдзармæ куы ласа, уымæй уæлдай нæу хъалон паддзахады къазнайæн. Бирæ нæ зоны, кæцæй æмæ иавæр фæндæгтыл ласы хъалон æхца — сызгъæ- рин змис — къазнамæ, уый. Уый тыххæй хорз уыдзæн * æнхъæл дæн се сбæрæг кæнын. Йæ афон куы ’рцæуа, уæд, сызгъæрин змис паддзахады къазнайæ æддæмæ чи ласы æмæ кæдæм, уый тыххæй дæр баныхас кæндзыстæм йæ раны. Ныр уал лыстæг равзарæм, цы хуызæн хъалон æмæ кæцæй, стæй цазæр фæндæгтыл ласы паддзахады къазнамæ æхца, уый. Иуæй-иумæ куы байхъусай, уæд афтæ акæны: хъалон та цы ^? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — дыууæ, æртæ сомы! Афтæ мачи зæгъæ;*. Тыхджындæр рæдыд нæ уыдзæн уымæй. Фæдзурынц афтæ,' æрмæст хъуыддаг бæлзырд цы у, æмæ куыд у, уый чи нæ зоны æмæ æмбары, уыдон. Цæмæй ахæм иæстæй ма кæсой хъуыддагмæ, уый тыххæй æз ныртæккæ, хъалон цы у стæй кæцæй æмæ цавæр фæндæг- тыл ласы паддзахады иъазнамæ æхца, уый сбæрæг кæндзынæн. Фыц- цаджыдæр цы у хъалон? Хъалон у паддзахады къазнайы кусæг. Ныр цавæр фæндагыл ласы хъалон паддзахады къазиамæ æхца, сыз- гъæрин змис? Хъалон ласы па^ддзахады къазнамæ æхца иу æргом фæн- дагыл æмæ бчрæ сусæг фæндæгтыл. Куыд хуыйны, ?«ргом фæндагыл æм цы хъалон цæуы паддзахады къазнамæ, уый? Æргом фæндагыл æм> иы хъалон цæуы паддзахады къазнамæ , уый хуыйны — æргом хъалон.' Куыд хуыйны, сусæг фæндæгтыл æм иы хъалон иæуы, уый та? Сусæг фæндæгтыл æм цы хъалон цæуы, уый хуыйны сусæг хъалон. Чи дзы цы у уыдонæй? Базондзыстæм æй ныртæккæ, базонын дæр æй хъæуь! I уымæн æмæ сæ фæндаг у нæ риуыл, æмæ ^ъуамæ м’ах. зонæм, цас^ риссы æмæ цас нæ риссы нæ риу сæ уæзæй, уый. { Чи зоны æмæ ныл чехотка æфтауынц. Цæуылнæ йæ зонæм. Ныры цард у æхца, уымзз^ хъуамæ мах зонæм, кæдæм æмæ цæмæн хъалон æхца ласы, уыи. 102
ÆРГОМ ХЪАЛОН Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр дыууæ-æртæ сомы, зæгъгæ, кæмæй акæны ирон лæг, æргом хъалон уыцы хъалон у. Æндæр ма хъалон ис, нæй, уый ирон лæг зонгæ дæр нæ кæны. Гъе уый зоны, фæлæ уый дæр æххæстæй нæ зоны. Зоны йæ уымæн, æмæ дзы уыцы хъалон исынц æргомæй. Бафид мæнæ уыйас, зæгъгæ, зæгъы къазна нæ алкæ- мæн дæр, æмæ мах фидæм уыййас. Фæлæ æрмæст æхцайæ нæу æр- гом хъалон. Æргом хъалон ма мах фидæм ноджыдæр нæ уды фыдæ- бонæй: бегарайæ, паддзахы службæйæ, кæнæ та — æх^айæ фæстæмæ нæм цы ис, уымæй: хорæй, сугæй, хосæй, фосæй, йе та æндæр истæ- мæй, æфсæдтæн куы бахъæуы мыййаг, уæд. Мах æрмæст æргом хъалон куы фиди’ккам, уæд раст дæр ныхас нæ уаид ирон лæджы ныхасæй: «Цы у хъалон та? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — дыууæ-æртæ сомы», фæлæ афтæ нæу хъуыддаг. Афтæ кæй нæу, уый фендзыстæм, сусæг хъалон цы у, уый куы ’взарæм уæд. Ныр раст хъалон æргом хъалон у, нæу, уый сбæ- рæг кæнæм æххæст. Æргом хъалон чысыл хъалон дæр у, стæй раст хъалон дæр у, фæлæ æххæст раст хъалон нæу. Раст уымæн у, æмæ кæмæ цас исбон ис, уымæ гæсгæ йæ фиды. Æххæст раст уымæн нæу, æмæ йæ адæм сеппæт нæ фидынц, стæй, иуæй-иухатт æй чи фиды, уый йæ фæстæмæ иннæ адæмæй исы. Æргом хъалоналчм дæр фиды йæ ис, йæ бонмæ гæс- гæ: зæхх кæмæ ис, уый йæ фиды йæ зæхмæ гæсгæ, хæдзар кæмæн ис, уый йæ фиды йæ хæдзары аргъмæ тæсгæ. Уыдон дæр æй æмхуызон нæ сЬидынц. Иуæй-иу зæххыл — фылдæр æвæрд, иннæтыл къаддæр. Æргом хъалон алы адæймаг нæ фиды: бирæ ахæм адæм ис, кæцытæн нæдæр хæдзар ис, нæдæр зæхх, нæдæр æчдæр исты, æргом хъалом æвæрц цæуыл ис, ахæмæй, æхцайæ та хъæздыг, аэ/у’æ ,г.зы гъе уыдои бынтомд^?р ивгъуыд зайынц. Ахæмтæ сты инженертæ, дохтыртæ, адвокаттæ, нотариустæ йедтæ. Гъе уымæй раст нæу æргом хъалон иуыздыгæй. Аннæздыгæй уымæй раст нæу, æмæ, уæлдæр куыд загътон, уымæ гæсгæ, йæ иуæй-иутæ куы бафи- дынц, уæддæр æй фæстæмæ иннæтæй айсынц. Ахæмтæ сты сæудæджеры адæм иууылдæр. Уыдон бафидынц патент — 4 сомæй 500 сомы онг. Алчи йæ хъуыддаг цас у, уымæ гæсгæ, фæлæ уыйбæрц адæмæй атонынц сæ дзаумайы аргъ, Хъуыддаг афтæ рауайы, æмæ уый къазнамæ æргом хъало- нæй кæй фиды, уый йын иннæтæ фæстæмæ йæхи дзыпмæ сусæг хъалонæй фидынц, æмæ дзы уый уаргъджынæй æнæ уаргъ кæны, уыдон та дзы æнæ уаргъæй уаргъджын кæнынц. Уый æцæг афтæ кæй у, уый хуыздæр базо- нын кæй фæнды, уый баиæуæд фыицаг вагзалы I къласы буфетмя? æмæ дзы райсæд I агуывзæ цай, стæй та бацæуæд 3 къласы буфетмæ æмæ та уым дæр райсæд I агуывзæ цай, 1 къласы буфеты дзы айсдзысты 3 суарийы, 3 къласы буфеты дзы айсдзысты 2 суарийы. Цæмæн у уый? Уый уымæн æмæ I къласы буфеты хицау бафыста фылдæр патент æмæ йæ ныр æххæст кæны æлхæнæджы дзыппæй. Афтæ иннæ сæудæджеры хъуыддæгты дæр. Баныхас кæнæм ныр сусæг хъалоны тыххæй. СУСÆГ ХЪАЛОН (КОСВЕННЫЕ НАЛОГИ) Сусæг хъалон æмбæхст у аргъы, аргъ ис алцæмæн дæр, алцы æлхæ- нæг дæр, стæм мах хицæн адæймæгтæ неппæт дæр. Лыстæг ма ахъуыды 103
кæнæд елчи дæр— исчи фæцæрдзæн æппын æнæ исты балхæнгæ? Нæ: фæцæрдзæн. Ныртæккæ адæймагæн æнæ исты æлхæнгæ цæрæн нæй, уы- мæн æмæ ныры цард у æлхæнгæ æмæ уæйгæнгæ цард. Æлхæнгæ цард дæр кæны æмæ уæй дæр. Æлхæны æмæ уæй кæны уымæн, æмæ хицæн адæймаджы цы хъæуы, уыдон æппæт йæхимæ не сты. Æлхæнæм мах æх- цайæ, уымæн æмæ æнæ æхцайæ никуыцæй ницы райсæн ис. Æлхæнын, зæгъгæ, куы зæгъай иугæр, уæд дын æхца æрис, зæгъгæ, æнæ зæгъгæ нæ фæуыдзысты, кæм фæнды йæ нæ зæгъай ацы ныхас. Спичкæтæ æлхæнай, ’фæтæген, тамакс, сæкæр, цайгæрдæг, хъуымац, сапон — хъауджыдæр нæу, алцæмæн дæр дæ бацагурдзысты æхца уымæн æмæ æхца у алцæмæн дæр аргъ. Аргъы та æмбæхст у сусæг хъалон. Æлхæнгæ мах кæнæм алы сахат дæр: куы судзин, куы сапон, куы æндах, куы æндæр исты. Бирæ истытæ куы нæ æлхæнæм, уæддæр нын иучысыл исты æнæ æлхæнгæ нæй. Уый афтæ кæм у, уым æй сывæллон дæр бамбардзæн. Нæ алчи дæр алы сахат дæр хъалон фидæг кæй у, уый. Фидæм мах хъалон алы æлхæдæн дæр, æнæ æлхæнгæ та нын уæвгæ нæй, уымæц æмæ царды арæзт афтæ у. Гъе ныр, æнхъæл дæн, сбæрæг, паддзахады къазна хъалоч — сызгъæрин змис — кæм ссардта, æмæ йæ цавæр уæрдæтты æмæ фæндæгтыл хæццæ кæны: нæ дзылп — йæ суадон, уæй кæнын æмæ æлхæнын — йæ уæрдæттæ, алыхуызон дзаума — йæ фæндæгтæ, КУЫД ÆВÆРД У СУСÆГ ХЪАЛОН? а) арæны сусæг хъалон (таможенная пошлина). Сусæг хъалон ис алы дзаумайы аргъы дæр, Уæрæсейæн йæхи мидæг кæй кæнынц, æрмæст уы- доны аргъы нæ. фæлæ йæм заграницæйæ кæй ласынц, уыдон аргъы дæр. Заграницæйæ йæм цы дзаума ласынц, уыдон аргъы цы сусæг хъалон ис, уый хуыйны сусæг арæны хъалон. Æвæрынц æй афтæ: дзаума чи ласы, уый бафиды къазнамæ, арæныл æрбахизæггаг цы æмбæлы, уый æхцайæ. Цæмæй йæхæдæг ма фæзиан уа, уый тыххæй уый уыцы æхца фæкæны йæ дзаумайы аргъы æмæ сæ афтæ- мæй исы фæстæмæ, чи сæ æлхæны, уыдонæй, адæмæй: цайгæрдæг чи ласы, уый цайгæрдæджы аргъы, бæмбæг чи ласы, уый, цы хъуымæцтæ дзы уафы, уыдон аргъы, æфсæйнаг ,чи ласы, уый, цы дзауматæ дзы кæны, уы- доны аргъы, уымæн æмæ афтæ у сæ дзырд къазнаимæ: мах, цы æмбæлы, уый фиддзыстæм дæуæн, фæлæ йæ исдзыстæм фæстæмæ нæ дзаумайы аргъы æпхæнæгæй^ / ХИМÆЙЫ СУСÆГ ХЪАЛОН (АКЦИЗ) Афтаэ у, Уæрæсейæн йæхи мидæг цы дзаума кæнынц, уыдон аргъы цы сусæг хъалон ис, уый хъуыддаг дæр. Хуыйны химæйы сусæг хъалон. Фабрикантытæ æмæ заводты хицæуттæ йæ бафидынц къазнамæ æхцайæ, стæй уыцы æхца сæ дзаумайы аргъы фæкæнынц æмæ йæ афтæмæй фæс-< тæмæ исынц адæмæй, уымæн æмæ сæ дзырд афтæ у уыдонæн дæр къаз-^ наимæ; ай дын æхца, цас дын æмбæды, уыййас, фæлæ ацы æхца мах^ райсдзыстæм фæстæмæ æлхæнæгæй. 104
ЦАВÆР ДЗАУМАТЫЛ ТЫНГДÆР ÆВÆРД у АДÆМЫ ХЪАЛОН? 1904 азы арæны хъалоныл йæ 260/0 бацыдысты къазнамæ цайгæрдæгæй. Цай ныртæккæйы сахатыл цымынц хъæздыгæй, мæгуырæй иууылдæр. Мæ- гуыр ма йæ фылдæр дæр цымы, уымæн æмæ йæм, æндæр цы цыма, уый нæй. Хъæздыджы куы бафæнда, уæд йæ бæсты æндæр исты дæр ацым- дзæн — йе кофе, йе какао, йе æндæр исты. Æхца кæмæ уа, уый ссардзæн цыминæгтæ. Фæлæ .æппындæр цай йеддæмæ куы ницы цыма, уæддæр мæгуырæй фылдæр нæ бацымдзæн, хъæздыджытæ та мæгуыртæй фылдæр, уымæн æмæ хъæздыджытæ бирæ не сты, мæгуыртæн та нæй кæрон. Мæ- гуыртæ хицæнтæй хъæздыджытæй фæйнае дæс хатты къаддæр куы цымой цай, уæддæр дзы, кæрон цын нæй, уал хатты фылдæр бацымдзысты, цал хатты фылдæр сты, уал хатты фылдæр. Уый афтæ кæм у, уым уæдæ цай- гæрдæджы хъалонæй дæр уал хатты фылдæр фидынц. Уый уал дын цай- гæрдæджы хъалонæн йæ фылдæр æмбис — мæгуыр адæмы æккой. Йæ 18 с/х арæны хъалонæн бацыдысты къазнамæ бæмбæгæй. Бæмбæ- гæй цы хъуымæцтæ уафынц, уыдон бынтондæр æлхæнынц мæгуыртæ. Хъæздыг, бæмбæджы хуъымацæй цы дзаума конд уа, уый скæнын йæ сæрмæ дæр нæ хæссы. Бæмбæджы хъалон дæр фидынц уæдæ мгггуыртæ. Йæ 11-с/х арæны хъалонæн бацыдысты къазнамæ æфсæйнаг, æндон æмæ цугунæй. Уыдонæй цы дзаума кæнынц: цæвджытæ, æхсырфытæ йед- тæ, уыдон дæр хъæуынц æрмæст мæгуыр адæмы. Уыдон хъалон дæр фидынц уæдæ мæгуыртæ. Уый дын арæны хъалонæн йæ 55 с/х уал — мæгуыр адæмы æккой! Дарддæр ма дзы чи аззад, иннæ 45 с/х, уыдон дæр, фылдæр мæгуыр адæмы чи хъæуы, ахæм дзаумайыл æвæрд сты. Хъæздыджы чи хъæуы, буцы дзаума, ахæм дзаума дзы бирæ нæй. Ахизæм ныр сусæг химæйы хъалонмæ. Фенæм, уымæй та фылдæр чи фйды, уый дæр. Уый тыххæй равзарæм, уый та цавæр дзауматыл тынгдæр æвæрд у, уый. ( ЦАВÆР ДЗАУМАТЫЛ ÆВÆРД У ХИМÆЙЫ ХЪАЛОН? Химæйы хъалон, акциз, цы дзаумайыл æвæрд ис, уыдон æхсæн буцы дзаума нæй. 1904 азы 525 миллиуан сомы къазнамæ бацыд æрмæст арахъæй. Арахъ чи нуазы гынгдæр? Мæгуыр адæм, уымæн æмæ æндæр хуыздæр цы нуазой, уый сын нæй. Хъæздыг нуазы фылдæр фæсарæйнаг зынаргъ ноз- тытæ. Уыдонæй бацыд къазнамæ æрмæст 5 миллиуан сомы — 105 хатты къад- дæр. Чи фиды ныр арахъы хъалонæй фылдæр, уый зын бамбарæн нæу. Арахъæй фæстæмæ цы нсзтытæ ис, бæгæнытæ йедтæ, уыдонæй йæм бацыд 28 миллиуан сомы. Уыдон дæр фылдæр, мæгуыр адæм кæй нуа- зын1_\ ахæм нозтытæ. Чи фиды фылдæр уыдон хъалонæй дæр, уый дæр бæрæг у. 79 миллиуан сомы йæм бацыд сæкæрæй, 49 миллиуан сомы—тамакойæ, 31 миллиуан сомы—фæтæген æмæ нефтæй, 8 миллиуан сомы—спичкæтæй. Уыдонæн дæр сæ фылдæр æмбис хауы мæгуыр адæмы æккоймæ, уымæн æмæ сты хъæздыджытæй бирæ фылдæр, æмæ сæ кæд хицæнтæй къаддæр æлхæнынц, уæддæр сеппæт иу.мæ бирæ фылдæр æпхæнынц алы дзаумсзтго дæр. Уæлдайдæр та фæтæген, кæцыйы хъæздыг ныр æппындæр, йæ чысыл 105
йеддтемæ, нал æлхæны, уымæн æмæ йын электрон тых хуыздæр рухс дæт~ ты. Ныр, æнхъæл дæн сбæрæг химæйы хъалоны дæр рæстдзинад цас ис/ уый. Ахизæм хъузоны хъалонмæ. ХЪУЗОНЫ ХЪАЛОН (ПРОТЕКЦИОНИЗМ) Хъузоны хъалон æвæрд ис, Уæрæсейæн йæхи мидæг кæй кæнынц, стæй заграницæйы дæр, ахæм дзаумайыл, фæлæ æвæрд ис æрмæст, загра- ницс2Йæ йæм цы ласынц, уыдоныл. Уыдоныл æй уымæн æвæрынц, æмæ уыдон асламдæр куы уой, уæд сæг Уæрæсейæн йæхи мидæг цы фабрикæ- ты æмæ зазодты кæнынц, уыдон хицæуттæн уыдзæн зиан. Къазнайы та уый нæ фæнды. Уый тыххæй æрхъуыды кодта къазна быцæу хъалон. Рæстдзи- над дзы иу мур дæр нæй быцæу хъалоны, уымæн æмæ къазнайæн уыййас пайда нæу, адæмæн цас зиан у. Пайда у æрмæст заводты хицæуттæн æмæ фаориканттæн. Куыд у, уый æз ныртæккае зæгъдзынæн. Къазна, заграницæ- йæ цы дзаума ласынц, уыдоныл хъалон куы сæвæры, уæд, нæхи фабрикæтæ æмæ заводтæй дæр ахæм дзаума кæм кæнынц, уыдон хицæуттæ сæ дзау- ма уыйбæрц зынаргъдæр фæкæнынц. Ныр зын бамбарæн нæу быцæу хъа- лонæй къазнамæ, æрмæст заграницæйаг дзаумайæ кæй исы, уый йеддæмæ кæй нæ цæуы, йæ иннæ хай та нæхи заводты хицæутты æмæ фабрикантты дзыпмæ кæй цæуы, уый, уымæн æмæ уыдон дæр сæ алы дзаумайæ дæр, къазна ахæм заграницæйаг алы дзаумайæ быцæу хъалон цас исы, уыййас фылдæр исынц. Алы заграницæйаг гутонæй дээр къазна исы быцæу хъалон, арæныл æрбахизæггаг 4 сомы æмæ */2' нæхи заводты кæй кæнынц, уыдо- нæй дæр, алы гутонæй дæр сæ хицæуттæ исынц 4 сомы æмæ 1/2- Уыдон дæр сты быцæу хъалон, фæлæ зайынц заводты хицæуттæм. Уый дæр ма ницы кæнид, æмбис æм дзы куы цæуид къазнамæ, уæд. Фæлæ уый дæр нæй, уымæн æмæ нæхимæ гутæттыл быцæу хъалон кæд сæвæрынц сæ хицæуттæ, уæддæр зайынц асламдæрæй, æмæ сæ æлхæнынц фылдæр, æвзæрдæр куы уой, уæддæр. Уымæн æмæ сæ æлхæнынц мæгуыр адæм. Мæгуыр лæгæн та йæ хъавд у фыццаджыдæр асламдæрмæ, уымæн æмæ йæм зынаргъдæры фаг æхца нæ вæййы. Афтæ аннæ дзауматæ дæр. Зиан ма у хъузон хъалон ноджыдæр уымæй, æмæ уый руаджы нæхи фабриканттæ æмæ заводты хицæуттæ цы дзаума кæнынц, уый хуыздæр кæныныл сæхи нæ хъарынц, уымæн æмæ цын æнæуи дæр тыхгæнæг нæй. Ахæм тыхгæнæг сын заграницæйаг дзаума уаиккой, æмæ уыдонæн та хъузон хъалон сæ тых сæтты. Ахæм хъалон у хъузон хъалон. КÆМÆ ÆМÆ ЦАС ПÆУЫ ХЪАЛОНÆЙ? (1904 аз) Чысылæй, стырæй, кусынхъомæй, æнæкусынхъомæй, мах иууылдæр стæм уъалокфндæг, уымæн æмæ хардз кæнæм мах неппæт дæр, кусгæ куынæ ксЬнæм, уæддæр. Хардзы та ис хъалон. Фенæм, кæм æмæ дзы кæмæ цас хауы хъалонæй алы ран дæр, уый: Уæрæсейы . . . . .10 сомы Германиайы . , . . . 25 » 1С6
Франциайы . . . . . . 37 » Англиайы . ..... 241/2 » Америкæйы ..... 23*/2 » Æрмæст адонмæ чи æркæса, уый зæгъдзæн, Уæрæсейæ къаддæр никуы фидынц хъалон, зæгъгæ. Фæлæ тагъд ма бакæнæм. Фенæм, алы адæймар- мæ дæр уыцы рæттæй æфтиаг цас цæуы афæдзы сæрыл, уый, алы ранæн дæр дзы йæ афæдзы æфтиаг уды сæрыл байуарæм, афтæмæй. Алы адæй- магмæ дæр дзы, чысылæй, стырæй, кусынхъомæй, æнæкусынхъомæй æф- тиаг хауы: Уæрæсейы . . . . .100 сомы Германиайы ..... 250 » Франциайы , . . . 310 » Англиайы , 380 » Америкæйы . .... 440 » Куыд уынæм, афтæмæй дзы Уæрæсейæ мæгуырдæр иу дæр нæу, амæй уæлæмæ кæй ранымадтам, уыдонæй, фæлæ дзы иннæ паддзахæдтæ дæр хъæздыгдæр сты: Австриа, Италиа, Швейцариа, Даниа, Голландия, Белгиа, Швециа æмæ Испаниа дæр. Фæлæ фенæм ноджыдæр дарддæр, йæ сæ- дæйæм хæйттæй чи цал хайы дæтты йе ’фтиагæн уыцы рæттæй хъалонæй, уый дæр, нæхи деэр уырысыл нымайæм, афтæмæй: Уырыссаг . . . . 10 с/х сомы Гермайнаг . . . . .10 с/х » Французаг . . . . . 12 с/х » Англисаг ... < 6*/2 с/х » Америкайнаг ’. . . . . 5^/2 с/х » Æркæс, уæд та цымæ фылдæр нæ фидæм мах дæр, уыйау у. Æрмæст англисаг æмæ америкайнагæй фидæм фылдæр, гермайнагимæ æмхуызон, французагæй 2 с/х къаддæр. Уый дæр раст кæй нæу, уый уæд бамбардзы- стæм, хъалонæй фæстæмæ ма йе ’фтиагæй кæмæ цас зайы, уый дæр ма куы сбæрæг кæнæм, уæд. Зайы ма сæм; Уырыссагмæ . . . .90 сомы Гермайнагмæ .... 225 » Французагмæ . . . . 273 » Чи цал йæ сæдæйæм хайы фиды йе ’фтиагæн хъалонæй, уый куы æв- зæрстам, уæд мах федтам, гермайнагимæ æмхуызон кæй фидæм, францу- загæй та 2 с/х къаддæр, уый. Ныр та уынæм , махæй уыдонæй фылдæр æхща кæмæ зайы, уый. Зайы уыдонмæ махæй: ) Гермайнагмæ 11/2 хатты фылдæр. Французагмæ 31Д0 хатты фылдæр^ 1, Ныр французаг махæй кæд фылдæр фиды хъалон, у’æддæр ма йын зæгъ, не ’фтиаг дæр баивæм æмæ хъалонæй цы фидæм, уый дæр, зæгъгæ, цымæ дын цы зæгъид. Ай-гъай дын не сразы уыдзæн. Куыд уынæм, афтæмæй дзы нæхицæй зындæр никæмæн у. Хъуыддаг бынтондæр сбæлвырд кæн, уæд та йын ноджыдæр зындæр кæй у, уый дæр фениккам. Ныр уæддæр хъуыддаг хорз нæ равзæрстам, уымæн æмæ афтæ- мæй уаргæйæ хъæздыджы æфтиагæй мæгуырмæ дæр хай цæуы, æрмæст 107
гæххæттыл. Афтæ гæнæн ын куы уаид, алы хæдзармæ дæр цас цæуы æфти- аг амæ хъалокæй афæдзы сесрыл, уый сбæрæг кæнын, уæд уаид хорз, фæлæ уый зын бакæнæн у. Иуæй-иу рæтты йæ афтæмæй бæрæг кодтой хъуыддаг, æмеэ ныр куыд баиымадтам, уымæй æфтиаг бирæ къаддæр ра- зынд, хъалон та бирæ фылдæр. Афтæ, Балашовскæй уезды Саратовскæй губернийы хъæуты чи цæры, уыдонæй иуæй-иу хæдзæрттæм цæуы афæдзы сæрыл æфтиаг æрмæст 114 сомы 35 кап. Хъалонæй та сæм хауы 58 сомы 21 кап.— йе ’фтиагæн йæ фылдæр æмбис. Ахæм мæгуыр хæдзæрттæн канд Балашовскæй уезды нæ, фæлæ кæмдæриддæр нæй кæрон. Мæгуыр- тæ фылдæр сты хъæздыджытæй. Куыд зын у ахæм хæдзæрттæн уыйбæрц хъалон фидын — 51 с/х йе ’фтиагæн,— уый зын бамбарæн нæу. ЦАВÆР ХЪАЛОН УАИД АДÆМÆН ХУЫЗДÆР? (ПРОГР. ПОД. И ПОДОХОД. НАЛОГ.) Хъалонæй цыдæриддæр æвæрд ис адæмыл, уыдон мах равзæрстам, æмæ сæ иуы дæр рæстдзинад æххæстæй кæй нæ ис, уый федтам. Раст хъалон хуыйны æфтиаджы хъалон. Тынг хæстæг у æфтиаджы хъалон æргом хъа- лонмæ, уымæн æмæ уый дæр исынц æхцайæ, æрмæцт адæймагæн йæ ис; йæ бснмæ гæсгæ нæ, фæпæ йе ’фтиагмæ гæсгæ. Афтæ, 2 мил. сомы куы сæййафа дæ афæдзы æфтчаг, уæд дæ 20 сомы куы исой, уæд 4 мин сомы куы аййафа, уæд дæ> исдзысты 40 сомы. Афтæ дарддæр дæр.,.. Æфтиаджы хъалонæй ноджыдæр растдæр хъалон у рæзгæ æфтиаджы хъалон. Уый та афтаэ у; 2 мин сомы æфтиагæй даэ 20 сомы куы исой, уæд дæ 4 мин сомы æфтиагæй 40 сомы нæ, фæлæ иу чысыл фылдæр айсдзысты. Афтæ дард- дæр: æфтиаг куыд рæзы, афтæ рæзы хъалон дæр. Æххæст раст цæмæй уа рæзгæ хъалон даэр, уый тыххæй хъуамæ уый дæр иудадзыг æфтиагмæ гæсгæ ист ма уа, уымæн æмæ та дзы уæддæр рæстдзинад нæ уыдзæн иу- чысыл. Хъуамæ хъалон чи иса, уый иудзадыг æфтиагмæ ма кæса, фæлæ адæймагæн йæ цард куыд арæзт у, уый дæр æвзара, хæссинаг ьи цас ис, йæ æнæниздзинад куыд у, уый, æмæ уыдонмæ гæсгæ кæна къаддæр йæ хъалон, науинæй — фылдæр. Кæннод рæзгæ æфтиаджы хъалон дæр раст хъалон нæ уыдзæн. Мах та хъæуы раст хъалон, æнæфидгæ йь1Н кæм нæй, уым. Æфтиаджы хъалон æвæрд у ныртæккæ Англиайы 1842 азæй нырмæ: рæзгæ æфтиаджы хъалон та Пруссиайы æмæ ма иуæй-иу рæтты. БЫНДАРЫ ХЪАЛОН Ис бирæ ахæм адæм, йæ хъæздыг хæстæджы марды руаджы æвиппай- ды чи æрбахъæздыг вæййы, уыдон сты хъæздыг фыд кæмæн вæййы, йе æндæр истыздыгон хъæздыг хæстæг, уыдон сепгсæт дæр æнæ йæхи уды фыдæбонæй дунейы исбоны хицау свæййынц, кæмæй зайынц уый марды руаджы. Ахæм исбон дæр сты æфтиаг æмæ сыл хъуамæ æвæрд уа хъалон. Хуыйны, уыдонæй цы хъалон исын æмбæлы, уый бындары хъалон. Бын- дары хъалон дæр хъуамæ ист уа рæзгæ æфтиаджы хъалоны æгъдауыл. Фыл- дæр исбон кæмæн баззайа, уый хъуамæ фылдæр фида бындары хъалон. 108
ПАДДЗАХАДЫ ÆФТИАГ ÆМÆ 1ХАРДЗ ÆМХУЫЗОН НÆ ХÆССЫНЦ Чысыл нæу ныры паддзахады хардз. Тынг зын ссис йе ’фсадын. Ноджь> азæй-азмае кæны зындæр. Æрмæст йе ’фсæдтыл цы хардз кæны, уый дæр ын æгъгъæд у смæгуырæн. Уæлдайдæр хæст куы уаг уæд. Японы хæст Уæрæсейæн адæмæй уыйбæрц зиан нæ фæцис, æхцайæ йын цас зиан фæ- цис. Уымæн æмæ дзы адæмæй цагъд чи фæцис—370 мин адæймаджы, мардæй, цæфæй, уыдонæй алчи дæр зиан у æрмæст йæхицæн, стæй мæ бинонтæн. Æхцайæ дзы чи фесæфт, уыдон та зиан сты адæм æппæтæн дæр. Фесæфт дзы æхцайæ 2 æмæ 1/2 миллиард сомы. Ноджы дзы фесæфт нæ флот—æфсæддон наутæ æнæхъæнæй. Уыдон сты адæмы зиан. Куыд нымайынц, афтæмæй паддзахады аэфтиаг дæс азæй дæс азмæ 1 æмæ !/2 хатты фылдæр кæны. Афтæ: 1870 азы Уæрæсейы паддзахады æфтиаг уыдис — 563 миллиуан сомы, 1880 азы—793 м. с, 1890 азы—1056 м. с, 1900 азы—1889 м: с.г 1904 азы — 1980 м. с. Æфтиагмæ гæсгæ рæзы хардз дæр, хардзмæ гæсгæ та рæзы хъалон, хъалонмæ гæсгæ та — адæмы мæгуырдзинад. * ЦАС ДАРЫ УÆРÆСЕ ПАДДЗАХАДЫ ХÆС (ГОСУД, ДОЛГ)? Бирæ æхца æмбырд кæны къазнамæ, фæлæ йын уæддæр фаг нæ кæ- нынц; нæ йын æмбæрзынц йæ хардз. Уый тыххæй ма уый кæны ноджы- дæр хæстæ. Исæм хæс ныртæккæйы сахатыл 8.610 миллиуан сомы. Адæм дзы цæры 147 миллиуан адæймаджы. Алкæмæ дæр дзы хауы хæс, фидын- хъомæй, æнæфидынхъомæй — 58 сомы, иу фыст цæ куы кæна, уæд.
Леонтий Стедер уыди уырыссаг æфсады афицер. Æст- дæсæм æнусы æстайæм азтЫ йæ сæрвыстой Кавказмæ — хъуа- мæ сарæзтаид хæстон топографион картæтæ. Амы адæмы царды хабæ’рттæ немыцагау ныффыста йæ «Бонычиныджы». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ ацы уацмысы иу хай уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй рауагъта профессор Кокиты Георги. «Бонычиныг» æнæхъæнæй ивд æрцыд ирон æвзагмæ дæр. Тæлмацгæнæг—дзырдзæугæ рухстауæг, æхсæны кусæг,, æмæ литератор Æмбалты Цоцко. Фæлæ уыцы тæлмац джиппы никуы рауагътой. Ныр ыл биноныгæа бакуыста Гуытъиаты Хъазыбег. Уацмыс мыхуыр кæнæм Хъазыбегæн йæхи орфогра- фийы бындурыл. О ЛЕОНТИЙ СТЕДЕР — Бонычиныг МÆЗДÆДЖЫ ФИДАРÆЙ МИДКАВКАЗМÆ БАЛЦÆН, 1781 аз О Ацы балцæн йæ сæйрагдæр нысæнттæ уыдысты: астæуыггаг Кавказмæ ’ркæсын, уæлдайдæр та Гуырдзыстон æмæ Имеретмæ фæндаг басгарын, æфсæддон географикон картæ саразын, хæхбæсты цæрджыты быдырмæ ра- лидзыныл ысразыкæнын æмæ хæхты хæзнатæ бацагурын. ’" Дæтты раивылд мæ цæмæй ма бакъуылымпыкодтаид, уый тыххæй æз ацы хатт раздæр араст дæн. Бæрзонд хæхты мпт æмæ цъитийы тайынæй амы дæттæ майы ’мбисæй иуыны райдайæп,мæ афтæ раивылынц, æмæ канд мæнгæфсонарæзт хидтæ нæ фæласынц — суанг ма кæмтты дæр анхъæвзынц æмæ дзы донуайæнты ацæуæн нал вæййы. Къæдзæхтæ ’мæ бæрзонд хæхтыл тас’ æмæ удхаргæиæи къахвæндæгтыл хилынæй дарддæр бæлццонæн дæр- ницыуал амал вæййы. Дæсæмæдыууиссæдз хъазахъхъаджы ’мæ цалдæр тæлмацы мемæ, афтæмæй Терчы сæрты рахызтæн Мæздæджы быраныл, цæмæй мæ фæндаг дардтаин 110
Челæхсанатыл- (Чысыл Кæсæгыл) Гуырдзыстонмæ. Раст мæм гъеуыцы рæс- тæджы ’рбайхъуыст, Мæздæг.мæ ’ввахс дам Цæцæны абырджыты къорд /фæзынди. Уыцы хабар мæнæн мæ фæнд иучысыл аивта. Æз ысфæндкодтон, мах цын кæй нæма зыдтам, уыцы ’мбæхсæнтæ ’мæ сæ сусæг фæндæгтæ сбæ- рæгкæнын< Уыдон ныфхсхаст ысты сæ уайаг бæхтæй, стæй æдзæрæг быдырты æнæ- хъыгдард кæй ысты,' æдас — фæдисæттæй. Алыхатт цын сæ фыдуагдзинæд- тæ кæй ницæмæ дарæм, уый аххосæй уыдон ыскъæфынц адæмы ’мæ фос, ■æмæ цæ уадидæгæн себæрæг бадæнты бамбæхсынц. Мæздæджы фидарæн йæ хуссар æмæ хурыскæсæны, Терчы рахиз былыл ис фидар тархъæд. Дыууæсæдæ ивазны бæрц уыдзæн йæ иу кæронæй иннæмæ, ноджы дзы хъамыл æмæ чысыл цадтæ. Уыдон руаджы уый у бынтон хъæддаг ран, <ацы абырджытæн та — æмбæхсæнуат. Фæндагæн раст йæ хæдрацæуæны га- лпуфарс (иу æндæр та дзы цæуы рахизмæ, Теркæй цъымараты ’хсæн хуссар- ндрсдæр) ну чысыл геа’оите (фидар, хæцæн) у хæлддзаг. Риагап1аше (каран- тин) æдас ран бæргæ ис, фæлæ йæ разы иу уæлбылау кæй ис,;уый тыххæй Сыдыр,мæ акаст гом-æргом нæу. Бирæ пайдадæр уыдаид, хуссарварс иу верст раздæр ист куы ’рцыдаид иу бæрзонд фисынмæхъæдæй, дыууæ рацæуæны сæ кæрæдзимæ цы ран æрбаввахс вæййынц, уым. Уæд акаст æргом уыдаид, дыууæ рацæуæны ’хгæд ысты, йæ ран та къардиубыл æмæ ’мхæст цады руаджы æдас æмæ рæвдз у. Дæсæмæдыуиссæдз гæрзифтонг хъазахъхъаджы абырджыты ныхмæ ’рлæууынмæ фаг æфсад уыдзысты. . Теркæн уыцы фарс хуссары быдыртæ сты цæгатварс быдыртæй бæрзонд- лæр æмæ хъæздыгдæр халсарæй. Хуссарварс ма цъæхцъæхид. фæдары, афтæ цæгатварс иуынымæй бынтон басудзы хурæй. Цæгатварс быдырты зæххы- хъæд фылдæр ызмис у ’мæ æнæдон, хуссарварс та—хорз саумæр, стæй бирæ умæлдæр хæххон дæтты фæрцьи. ’ Цæмæй мæн чи хъуыди, ахæм кæсгон фæндагамонджытыл фæхæст уы- даин, уый тыххæй араст дæн, æдзух Гуырдзыстонмæ цы фæндагыл цæуынц, уыцы фæндагыл — Ахлæуатæ ’мæ Мулдараты хъæутыл. Æдас, хъавгæ-хъавгæ, стæй æнæнхъæлыфæнд хуыздæр уыди уымæй, ясмæ мæм ыстырдæр къамандæ куы фæцадаид, уæд йæ раргомы агъоммæ дæр йæ кой айхъ/ыстаид, ноджы ма къуылымпыйыхос дæр уыдаид. Ве1ап- тусЬа ’мæ Ахлæуаты дуркъæдзæх-фæлтæртæй амад хæхты ’хсæн, с’астæу уыдзæп аст версты бæ’рц, хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ с’ арæзт, Ахлæу- аты цæрæг адæмæн иу лæгъз æмæ халсарæй хъæздыг комы сты, иуæй сæ хуымгæндæн йæ фылдæр, аннæмæй та сæ быдыртæ — хизæнæй, хосгæрстæй. Ранæй-рæтты дыууæ арыхъырагъыл зайы хъæд, стæй дзы хъæдрæбынты бирæ чысыл суадæттæ, сæ фылдæр — цæхджын. Суадæттæ быдыры байсы- сынц, фесæфынц. Хурыскæсæнырдыгæй хуымгæнд æмæ хосгæрсты ныхмæ хуымгæнджытæ ’мæ ■фыййæуттæ сæхицæн сарæзтой зæхх æмæ хъæдæй роггомау фидæрттæ абыр- джытæ ’мæ æвзæргæнджыты тæссæй. Ацы фидæрттæн ннцæмæй тас у. С’ алыфарс —дывæрдздзыг кау, адæймаджы ’мбæрц. Дывæрдздзыгæн йæ уæрх уыдзæц цыппар æрмæрины бæрц. Конд дзы ис сыджыт, ноджы дзьт топуад?æн хуынчъытæ. Мидæгæй цын тымбыл хъæмпыцсæр, йæ быны сæ хортæ, хæдзары дзаумæттæ, стæй се ’хсæвиуатгæнæн. Нарæг бацæуæн æх- тæд вæнны дыдзæл\ыг уæрдонæй. Фыййæуттæн ис тапкатæ—кæрæдзиуыл 111
гсвæрд цалдæр хъæды, цыппар цæджындзыл арæзт, зæххæй цыппар ивазны цæ бæрзæнд. Уыдоны дæр ис топуадзæнтæ. Иудзæвгар фæцыдтæн хуымтыл, стæй аздæхтæн хуссарырдæм Арыхъы рæгътыдымджыты, Ацылыхъы цæхджын суадæтты нарæгком цы ран фе- сæфы... Уыцы комыл ис æмраст фæндаг Мæздæгæй Мæхъæлмæ, стæй Терк- мæ. Фынддæс версты уæлдæр ацы коммæ хурыскæсæнæй кæлы Хъалмыхъы- дон, иу хус къуырфау дзы (^гиН), йæ райдианы уымæн иу цад, йæ был- тыл зайы хъамыл. Ацы ком, рæгъты астæу, хурыскæсæнæй йæ рацæуæн кæ- мæн у. Ам ис цæцæны сусæг фæндаг. Æз дæр цыдтæн уыууылты. Ацылы- хъæй авд версты ’ддæдæр уый бафты иу бæрзондмæ/ йæ сæрыл иу дурын цырт (РГеПег). Мах ацы ранæй бафтыдыстæм Сиуынцыдоныл. Сиуынцыдон Иукъордверсты фæстæ бæрзонды бынты, иучысыл дарддæр, адаргъ ыс- ты рæгътæ, æртæ версты с’ астæу Сиуынцыдоны ’мрæнхъ (рага11е1). Хус- сар-хурыскæсæн цъуппыл дзы, йæ кой’ кæмæн айхъуыст, уыцы 'Бæрæгъуын- Чесена, ома, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм зæппадз. Ингæны амаддзагыл ис цыппæрдигъон дæргъæдздзон агъуыст цыппæрдигъон лæгъздуртæй, æртæ ивазны бæрц дæргъмæ, ивазн æмæ ’рдæг та хæрдмæ. Уый> йæ фидар амады руаджы,бирæ нæ фæзиан. Йæ сæр дæр уыцы дурты хуызæн дуртæй арæзт. Ис дзы дыууæ зулаив хуынчъы — дыууæ рухсцæуæны. Уыйхуызæн амад- дзæгтыл ма æз иу къорд хатты сæмбæлдтæн тыгъдбыдыры арæнхахмæ ’ввахс. Куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ цæ хуыдтой Хъалмыхъы кувæндæттæ. Йæ бацæуæны, разæй, æртæ дурыл араббагау фыст. Иуыл дзы мыггаджы ном, аннæйыл азты нымæц, æртыггагыл та хъуытзаны дзырдтæ. Ацы амаддзаджы тыххæй цы фехъуыстон, уыцы ныхæстæ мæм фæзындысты аргъауы хуызæн". Мидæгæй йæ цыппар къуымы кæддæо сыгъдысты цырæгътæ. Сæ фæздæджы милыфæд ныр дæр ма бæрæг у. Иæ быны, бæстастæу—иу чысыл тымбыл хуынкъ. Уыууылты ныххызтæн ингæны бынмæ. Уыцы ран æз лæууыдтæн мæрдты уæлæ. Хуынчъырдыгæй цыл сыджыт фезгъæлдн., Æвзæр тæфæй дзы ннцы бафиппайдтон. Талынг кæй уыди, уымæ гæсгæ рухс ыскæнынкодтон æмæ дзы мæрдтæ разынд—хуриыгуылæнæй хурыскæсæнырдæ,м сæ фылдæр æмбыд, ахæм тулдз фæйнæджытыл, кæрæдзимæ хæстæг ’æмæ æддæгуæлæ- вæрд. Сæр æмæ дзы къæхтырдыгæй уагъд уыди нарæг цæуæнтæ. Кæронæй та дзы ссардтон иу мард, бирæ æрдæгæртхутæг, бæзджын æмæ хæрзхъæд дариты тыхт. Æвæрд уыди уæлгоммæ, йæ къухтæ дзуарæвæрд кæрæдзиуыл. Марды буар цы уыд, уымæй ныххус, мæнæ, иудзырдæй, йæ фæрсчытыл йæ царм кæмæн бахус, ахæм усы ныв. Иæ комкоммæ, цæгатварс, уыди уый æнгæс лæджы мард. Се хсæн ма уыди бирæ ’ндæр мæрдтæ, фæлæ цыл зæхх кæй фезгъæлди, уый тыххæй дзæбæх нал зындысты. Хурыскæсæн сисы уьтди цыппæрдигъон хуынкъ. Уым лæууыдысты йегар æмæ тæрхъус, уыдон дæр хусæй, куыд ызгъордтой, уыцы хуызы. Æз цæ ,бонырухсмæ рахæссынкодтон æмæ разындысты æнæхъæн — тæрхъусæн йæ иу хъусы ’рдæг лыг, сæ- хуыддæг та — æнæвиæлд. Куыд дзырдтой, афтæмæй лидзгæ цы тæрхъус кодта, уый фервæзынæихъæл уыд амаддзаджы. Иегар æй æрбасырдта ’мæ *12
сæ дыууæ дæр сæ мæлæт ам ыссардтой. Фæлæ æххормаг куыдз тæрхъусы* æвыдæй ауадза, уый зын бауырнæн у. Ацы амаддзаджы бакомкоммæ дыууæ версты дарддæр иу бæрзондыл, раздæр хъæд кæм зади, ахæм аууон ран сарæзтон мæ бынат. Донæй йæ ра-. хиз фарс саухъæд рæгъты ныхмæ зындысты кæсæджы рагон хæдзæртты фæдтæ. йандыкæйыдон йæ бæрзонддæр былыл ызгъордта бынæй Сиуынцы- донмæ. Иæ ран уыди фидар, æдас тыгъдбыдыры цæрджытæн. Ныр та у æдзæрæг æмæ афтид. Фæндагыл уыдонырдæм цæугæйæ кæрдæгыл — бæхы- къæхты ног фæдтæ. Фæлæ дзы адæймагзынæг нæ уыди. Стæй уæддæр, бæ-- лæсты сæр нын цы хъахъхъæнджытæ уыди, уыдон фехъусынкодтой, нæ фæд- фæд чи цыд, уыцы адæмы кой. Сæдæйыхицауы æз ыссæдз хъахъхъæнæгимæ арвыстон иу къуырфаумæ, нæ фæдыл чи бафтыд, уыдон æй куыд нæ фед- таиккой, афтæ. Дыууæ лæджы та цын сæ размæ арвыстон уыцы къуыр- фауы. Уыдон цæ уайтагъд асырдтой уырдыгæй æмæ цæ, сусæгæй чи хъахъ- хъæдта, уыцы сæдæйыхицауыл баскъæрдтой. Уый æваст с’ алыфарс æрзылд^ æмæ цæ ’рцахста. Сæ раздзог разынди Андреевты лæппулæг Сабулаф-Аджи- æлдар, Муртазалийы фырт, стæй йе схæссæг фыд, Хъæрæбулагъы хистæртæй æмæ ма семæ фараст барæджы цæцæнæй. Йæ фыдздзаг фæтарсты фæдыл æфсон ыскæнынмæ хъавыд, цыма Челæхсанатæм (Чысыл Кæсæг.мæ) цыди... Мæнг æфсон кæй кодта, уый йын уайтагъд рабæрæг: мæ фæндагамонæг — кæсгом æлдар ын ницы зыдта, йемæ цы цæцæйнæгтæ уыд, уыдонæй дæр. никæй базыдта. Æз цын сæ гæрзтæ райсынкодтон. Алы ’фсонтæй мæхи уыууыл хъардтон, цæмæй мæм хæстæг лæууыдаиккой. Æнæуып цып сала.м загътон. ] Цæцæн æмæ се рвадæлтæм уæллагфæндаг ацы ран цыди хъæдарæх рæгъ- ты кæрæтты. Дæллагыл ацыдтæн æз Сиуынцыдонæн йæ галиу фæрсты рай- дианы тынгдæр цæгат-хурыскæсæнырдæм чи цыди, стæп цæхгæр хурыскæсæн- ырдæм чи фездæхт. Сиуынцы донбылтæ уыдысты æлыгджыи æмæ бæрзонд-æмуырдыг. Цы. доныкъабæзтæ йæм цыд, уыдон хуызæн тыхджын æмæ тыгъд нæ уыд. Иæ дыууæ фарсыл дæр зади хъæд, иугай сусхъæд бæлæстæ дзы зынд,, Сæ бæстæ у рæсугъд быдыр, рæсугъд бæрзæндтæ. Иæ цæгатварс, дарддæр, доныдзыхмæ, дыууæ версты уæрхæн у. Сæдæ версты йæ дæр1Ъ, æртиссæдзы — йæ уæрх, ахæм бæстæ иыппары- ссæдз азæй фылдæр æнæкондæй лæууы. Уыимæ сырд æмæ абырæгыстон ысси. Сырдтæй, фæндагыл куы уыдыстæм, уæд нæ дзæвгар хай фæпи. Æз бахсæвиуаткодтон Ессæйы бакæлæнæй аст версты уæлдæр, раст Хъæр- мæдоны комкоммæ цæгатварс. Ессæ Сулнцыдонимæ кæм баиу, уый комкоммæ. Суинцыдоныбыл, пыхс кæм райдайы, уым æрынцадтæн. Пыхс Аргуындонмæ фæтæнæй-фæтæндæр ахаста ’мæ дзы азмæлæнтæ дæр нал и, ахæм хъæддаг ран ысси. И’ астæуты згъорынц алыхуызон чысыл дæттæ арыхъырæгътæй. Уæлдайдæр та ВаН-зи (Мыддон) цы ран æрцард — иу чысыл адæмыхатт, æрмæст мыдыкуыстæй чи цæры ’мæ ВаП-зи кæй хонынц. Суинцыдонæй фондз версты цæгатырдыгæй, рæгътæн сæ хуссарварс, уырдыджы, иу арф къуырфы ис хъарм суадон. Хъæрмæдонмæфæндагæн йем- бисыл ис ивазны бæрзæндæн дур, йæ уæлæ дзуаргонд зæронд заманæй. Стæй ма иттæг рагоп бæстыхæйттæй а бæстæ ’вдисы дзæвгар-дзæвгар фæд. Хъарм суадонмæ иу бæрзондыл фæндаг ис иу чысыл донæн йæ хурныгуы- 8 Мах дуг № 1 113
лæнвæрсты. Æхсæз ивазны сæ бæрзæнд, ахæм ыз.мисрæгъты бынæй цæуыпц Æр1а: суадоны алы хуьньььпæй. Иу æмуырдыг рагъыл дзы ис цыпиæрдигъон хæлдмæсыджы хæлддзæгтæ — æртæ пвазны йæ уæрх. Нæй дзы цæуæнбæрæг, фÆлæ дзы суадоны комкоымæ цалдæр топуадзæны зыны. Хурыскæсæны комкоммæ ма иу бæрзондыл ноджы бæрæгдары иу ахæм мæсыг. Фыдздзагæй фæстаджы ’хсæн та—снс. Уыдон, æвæдздзæгæн, хъæрмæдæттæ хъахъхъæнынæн арæзт уыдысты. Æндæр дзы бæстыхæйтты фæд нæй. ’ Стырдæр суадон ис къуырфæн йæ хурыскæсæны ’мæ къæдзæхы зыхъхъырæп æддæмæ цæвы. Бæрæгъуын æмæ Бестауы, стæй ма Кавказы хъæрмæдæттæй кæй зонын, уыдонæй тæвддæр у... Суадонмæ хæддзæйæ цы ис, уый йæ цынайæ бæрæг у: зыны дзы сондон, глауберы цæхх, !гШо1, стæй æфсæйнаджы æрæвæрæнтæ. Суадон бады алы хæтæлыл æмæ уисыл, æмæ цæ бынтондæр æрæмбæрзы. Уы- цы сондон-дидинджытыл зынг куы бафтауай, уæд хæрзсыгъд бакæнынц. Цæхх æрбады иучысыл’ бæрзонддæр, уазал Суæрттыл, дуртыл, стæй хæстæг- ^дæр къæдзæхтыл, ноджы уыйбæрц, æмæ дзы ис æрымбырдкæнæн бирæ. УЦпо1* цæ азгъоры, дарддæр æмæ фбады - æлыгбыныл, кæнæ къæдзæхтыл бур æрмæджы хуызы. Хæхтæ се фсæн дуртимæ равдыстой сæ дзæбæхгæнæн тых, æ,мæ цæ сыхаг адæм куыд базыдтой, уымæ гæсгæ цын кæ- нынц ыстырдæр аргъ Кавказы иннæ хъæрмæдæттæй. Ацы хъæрмæдон ис арæныхаххы фæстæ, Науыры комкоммæ, Теркæй дæсæмæдыууиссæдз всрсты хуссарырдæм, æмæ дзы уаид хорз æмраст фæп- даг саразæн, иу фæлтæрджын рæгътыл дзы иучы’сыл бакуыст к’1 уаид, уæд. Иукъорд версты æддæдæр, хуссарырдæм, ис иуцалдæр мæнкъæй нефтгуырæ- ны. Стæй ма дзы куы-кæ.м, куы-кæм хъары тæвд дон. Ацы фæлтæрджын хæхтæ, куыд зыны, афтæмæй ысты æрдзæн хъæздыг. Уæлдай дæр та дзы зыны æфсæйнаг. Хуры хуызæн бæрæгдары змисдурпмæ. Стæп дзы алы ран .хорз хизæнтæ, йæ къуырфæутты — цæхджын суадæттæ, стæМмæ та — нуа- зыныдон. Иу къуырфауы та дзы — пыхс. Уæлдæр кæй кой кодтам, Ацылы- хъыкомы ’ндæр бæрæгфæндаг нæй уыууылты. Фæлæ мæм афтæ кæсы ’мæ дæрдтыл куы ’рзилай, уæд æм бацæуыны фадат уаид уырдæм бæхьтл. Ног фæдисы хабар та мыл изæрырдæм æрцыди уыцы бон. Бæрзæндтыл зыпдысты адæм—дзыгуыртæ-дзыгуыртæ, нæ разæй дæр, пæ фæстæ дæр, уæлдайдæр та фæстæмæаздæхæны. Цæмæй æдасдæр уæм, уый тыххæн раз- дæр-раздæр ысфæндкодтон «мæсыг æрцахсын æмæ банхъæлмæкæсын, кæддæра сæ зæрды цы ис. Хъавыдтæн, дыууæ хъазахъхъаджы Мæздæгмæ арвитын, цæмæй фехъусынкæиой уыцы лæгтæ: æртæ бонмæ, æвæдза, уыдонæн сæ фæдыл æндæртæ н’ ацыдысты, уæд æз ацыран ахст фæдæн. Уыдон с’ астæуты ацæуын нæ бафæрæзтой æмæ цæ фæндыдн, цæмæй цыл æрæхсæв уа. Фæлæ талынджы ран бæрæг нæ уыдн, аннæмæй хæхты фæпдаг кæй иæ уыд, уый тыххæп ацæуыны фадат дæр нал уыди. Цæмæй нæ фæндаг нæхи бар уыда- ид, уый тыххæп æз талынггæрæтты мæхн хъæрмæдонæй хъæдмæ айстон Суынцыдоны фæзилæнтæ:"! иумæ—фыд’Д’.т æрбабырсæи уьпæп ГпТ’ тгьпр- диубыл, стæп хъæд æгъгъæдфидар ран уыдысты. Æртхъирæи æмæ лæгъ>.- ныхасы руаджы æз бамбæрстон, пæцæнæн цу бал, сæдæиæ фылда^р, паллæр боны кæи хæтыпц асн бæсты, æмæ нмн гæч нг? фæд ыссаг)Тт°Г1, уæд.тгр ныщ пæхицæн бæлвырд ницы зоиынц. Марынæй цæ куы стæрсынкодтон, мах таса^й цæмæй аирвæзæм, ахæм фадатæн исты куы басусæгкæна зæгъгæ, уæд * Ацы рап хъуамæ разыиа Е15епосЬег (æфсæп охрæ).— П. (аллас). 114
мисхал гуырысхойаг дæр нал уыди, сæхæдæг дæр. лæбурæг кæй уыдысты* абырджытимæ, уый. Æз ысфæндкодтон, Сиуынцыдонæн йæ рахиз былыл уæлæмæ мæхи ай- сон зæгъгæ, цæмæй мæ мачи фена, афтæмæй Цæцæны уæллаг фæндагмæ рæгътыдымджытæм бахъуызыдаин. Уырдыгæй та рахизырдæм Мæхъхъæлмæ- куыд бацыдаин. Æз хъазахъхъæн се рцытæй доныбыл фæкъахынкодтон æх- сæв бонмæ, цæмæй дзы фæндаг айгæрдæм.. Фæндаг куы сцæттæ, уæд бон- ырдæм хæхты уарынæй дон раивылд æмæ акалди йæ былтæй, æмæ нæ^ фыдæбæттæ дзæгъæлы фесты. Цæмæй нæ мæнг æмбæхсæнбынат уæддæр. апвæ.м, уып тыххæй æз мæхи айст’он къутæртæ ’мæ хъæдыл. Стыр зынтæ- бав^æрстон æмæ та дыууадæс версты уæлдæр мæхи ’рфидаркодтон иууый. хуызæн къардиу æмæ фидар ысгыр бæлæстæй æхгæд донбылыл. Хæстæг пæм фæци фæздоибыл. Æз иннæ былмæ ахызтæн æмæ сбæрæг- кодтои бæстæн гъсуыцырдыгæй фарс. Амыдтой мын уыцы ран, ыссæдз вер- сты дарддæр хуссарырдæм Хъæрæбулагъты зæххæвæрд. Ацы адæм æддейы бакæсгæйæ цæцæнæн ысты сæ хæлар, сæ хæстæг, фæлæ цын сæ фос арæх- кæй тардтой, уый тыххæй цып æнæуынон сысты. Дыууæ адæмы ’х^æн цы хæрамдзинад ис, уымæй æз ысфæндкодтон фæпайдакæнын æмæ Дзу- булоз-æлдар æмæ йæ хæстæджыты фæрцы фехъусынкодтон, æз, хъæрæбо- лæгтæн сæ фос æцæгæй дæр кæй тæрынц, уый базонын æмæ æнæуый дæр тыххæй æрвыст кæй дæн. Æэ дæн раззаг æфсадыкъорды хицау, цæцæны ныхмæ стыр æфсад та фæндагыл нс, аизæр æрцæуннаг у, æмæ уый хъуамæ- Дзуапп æрцагура, кæмæй æдобæлы, уымæй. Фæнд мæм уыдн, уыдонæн æх- хуысæфсон Хъæрæболагтæн, стæй амал фæци зæгъгæ, уæд та суанг пæцæпы :.ъæдмæ бацæуын. Ацы хъуыдыты фæстæ мæм размæ цæуынæй фæстæмæ- аздæхын тæссагдæр касти. Цалынмæ хæхтыл Хъæрæболагтæм фæндаг ард- таин, кæнæ, чи зоны, разæй чи фæци, уыцы цæцæйнæгтæ фæстæмæ ^дæх- таиккой, уалынмæ нæ сæ хæдзæртты цур федтаиккой. Уæдæ кæнæ мæнгфæ- дис—фæстæмæ фæндаг куыд ысуæгъд, уа, кæнæ рæгътыл æндæр юуæн ыссардæуа, ацыдтæн æмæхсæвæджы ссæдз хъазахъхъагимæ, Андреев-æлдар æмæ кæсгон æлдар æмæ сæ фæсдзæуинтимæ Сиуынцыдоныл. Сæдæйыхи- цауæн æз бафæдзæхстон, йемæ йын кæй ныууагътон, уыдоиимæ иуран.мæм- бырд хъæдты фæстæ сæхи куыд бахъахъхъæной ме рбаздæхынмæ. Цæцæны уæллаг фæндагыл æз ацыдтæн Гараманты хъæздыг быдырыл, рæгътыдым- джытæй Сиуыицыдоны ’хсæн, ссæдз.версты фæстæдæр хуссар-хурыскæсæн- ырдыгæй Ессæйыдонмæ сæударæй. Дон тагъд цæйбæрц цыди, арф уыйбæрц пæ уыди. Цыди хуырджын донуаты. Ессæйыдон (Ак-511 — Урсдок) Ацы дон у иттæг тагъд, стæй сонт. Амалтæй дзы бахызтыстæм, нæхи- цæй зулаив рæнхъ сарæзтам, афтæмæй. Æлдары фæсдзæуинтæп ну кæсгон ’ уæзданы, иунæгæй кæй фæцæйцыд, ’уый тыххæй дон аласта. Лæппулдар, донæн йæ иннæ фарсмæ чи бахызт, уый уайынтæ байдыдта дæлæрдæм, доны йæхи баппæрста ’мæ — йæхи уд тасы мидæг — афтæмæй йæ фе^вæ- зыпкодта... Мах цæсты уый уыди уæздан æмæ стæм хъуыддаг. Уыдон та йæм акастысты хуымæтæджы хъуыддаг.мæ кæсæгау. Æмæ цæ ничи бадис- кодта иицæуыл.1
Æз дзырд радтон, ацы рап иучысыл куыд баулæфæм. Стæн бацархайг дтон, цæмæй мæ раздæры баконд дзæбæх сарæзтаин. Андреев-æлдар æмæ Хъæрæболагтæп сæ гæрзтæ радтон, зæрдæтæ чцын бавæрдтон бирæ фæндон- тæй æмæ цæ æууæндынкодтон, знон куы расткодтон Хъæрæбулагтæм, уæд мæ хицауæн кæп фсхъусынкодтон, исты мыл æвзæрæй куы сæмбæла, уæд уыдон аххос уыдзæн. Ацы бæсты ссардтон, РагЬеггоЧе—ахорæнгæрдæг кæм къахтой, ахæм рæттæ бирæ, зайы дзы тынг арæх. Дыууæ версты хуссарыр- дæм мах ацыдыстæм Псимолгъæдоны хидыл арф-æмæ æлыгбылтыл, иучы- сыл дæлдæр дзы уыди цæуæн дæр. Чысыл дарддæр та быдыры баиу вæййы Аксайдонимæ. Иукъорд версты иу тæнæг хъæдыл стæй иу тыгъдран бацæу- дзынæ хохыдымджыты иу ко.ммæ. Уыцы ран ызгъоры Фортаныдон. Ацы до- нæн йæ галиу былыл æмæ хохыдымджыты ’хсæн мыггаггай хæлиутæй лæу- уынц Хъæрæболæгты цæрæндæттæ. <4 ортаныдон (Мæртæныдон) Ацы дон ызгъоры иу комыл цæгатырдæм, дурджын фæзуаты, иу быдыры ссæдз версты ’мæ бакæлы Сиуынцыдонмæ. Ессæйыдон æмæ Аксайдопæй сын- дæгдæр цæуы. Фæлæ уыдон хуызæн, уæлæрдыгæй, чысыл хъæд йæ былтыл. Куыддæлæмæ та суаиг йæ бакæлæнмæ— фпдар хъæд. Комæн йæ бацæуæны разæй ис иучысыл лæгъо уæлзæз Уыууыл, стæй ма уыимæ иу æмуырдыг былыл бапыдзæвы Фортаныдон (Мæртæныдон). Уыцы ран вæййынц сæ хъа- хъхъæнджытæ дæр. Ком разырдæм уыдзæн иу верст уæрхмæ, йæ дыууæ фарсы хохыдым- джыты дæр зайы хъæд æмæ аст версты бæрц хуссарырдæ.м кæрæдзимæ хæс- тæг æрбацæуынц Алы мыггагæн, кæнæ чысыл хъæубæстæн—дыууиссæдз-дæсæмæртис- сæдз удгоймагмæ ’ввахс сæ нымæц — ис сæ бæстыхæйтты раз, йæ бæрзæнд æртæ-цыппар ивазны кæмæн у, ахæм уирагдурæйамад мæсыг. Мæсыгæн йæ .хуылфмæбацæуæны ис æддейæ асиныл бахизæн. Иæ уæллаг хуынкъ, сæр кæнæ цары бæсты, æмбæрзт у фæйнæджытæй, куыд зоныс афтæ ’мбæрзт. Уыцы фæйнæджытæн бахъуаджысахат ис сисæн. Мæсыгæн йæ къултæ уый- бæрц фидар нæ вæййынц Ис дзы чысылгомау хуынчъытæ Уыдон дæр алы къулы нæ вæййынц. Стæй мæсыг у æнæбындур Мæсыгæн йæ дыууæ хайы цæрынц мыггагæн сæ зынгæдæртæ. Уыдонæн мидæгæй иу къуымы ис фадат сæ кæрæдзийы фенынæн. И’ алыфарс — быру. Ахæм кæрты ис æв- зæр хæдзары къуымтæ. Стæй ,ма дзы — иу ахæм мæсыг. Хæдзæрттæ сты дурæй конд. Кæнæ — хъæдынкъултæ. Сæ хæрзмæгуыртæн та — сахъарийæ ’мæ сыджытæй сæрст. Бæстыхайы астæу — артдзæст. Уырдыгæй дуарыл йæ рухс цæуы æддæмæ. Иучысыл цæхæрадоныкуыст дæр кæнынц. Зайы цæм хорз гæн, хъæдур, .булкъ, нартхор æмæ тамако ’ Хурыскасты агъоммæ цæм æвиппайды кæй фæзындтæн уый тыххæй хъæуты тынг фæтарстысты. Уый уымæй бæрæг уыди ’мæ ’мбырдтæкæнын райдыдтой, дыууæрдæм сысты. Хъуыддаг дзæбæх куы нæ бамбарой зæгъгæ, иу ададжы раз иу бæрзондыл æрхызтæн æмæ бафæдзæхстон хъæрæбулагтæн, тæлмацгæнæгимæ хъæумæ куыд бацæуой, куыд цын æрдзурой сæ хистæртк- мæ ’мæ цын Уырысы успаддзахы хæлардзинад æмæ фарсласынæп, сæрыл- хæцынæй, стæй хъахъхъæд кæй уыдзысты, уымæй зæрдæ куыд бавæрой. Райдианы уыдон æнхъæлмæ кастысты дæрддзæфгомау мæ къамандæйæ. Гуы- 116
рысхо мыл цæмæй мауал кæной, уый тыххæй ’цæм æз хæстæг бацыдтæн. Фæлаэ æдас цæмæй уыдаин, уый тыххæй æз баздæхтæн, ’ æмæ цын сæ хъан Андреев-æлдары, се рвад, сæ сæрылхæцæджы фæстæмæ арвитынкодтон мæ къамаидæ,мæ. Уып куы федтоп, уæд мыл зæрдиагæй бацинкодтой, кадгæ- иæг мын сысты. Стыр хъаст мып ракодтой цæцæнæй, уымæн æмæ цын цæ- цæн канд сæ фос нæ тардтой, фæлæ ма цæ хуымкæнын дæр нæ уагътой. Æдзух фæдисы цæуынæй куынæгмæ ’рцыдысты. Сæ хуыздæр æфсæддон адæм, сæ ис хъахъхъæнгæйæ хасты фесты. Æмæ ма с’ адæмæй цагъдыуæл- дæйттæ баззад æрмæст — лæппу-фæсивæд æмæ æнæсæрæн адæм. Лæхстæ- кодтой, цæмæй цæ уырыс хъахъхъæной, сæ фарс куыд хæцой. Зæрдæ æвæрд- той сæхи чырыстон ыскæнынæй, разыкодтой фырттæ радтыныл. Стæй мын дзырд радтой, мæ фæндон мын кæй сæххæсткæндзысты — Сиуынцыдон.мæ, гфæнтæмхæстæг мæ кæй бахæддзæкæндзысты, хуыдтой мæ зæрдиагæй, æрм^т хъахъхъæд æрцæуæнт Зынран кæй уыдысты, цæрынæй-хæрынмæ знæгтæ кæй .царди сæ фарсмæ, сæхуыддæг та æдых æмæ мæгуыр кæй уыдысты, æппæт уыдонмæ гæсгæ, зæрдæ цæмæйты æвæрдтой, уым гуырысхойагæй ницы уыд æцæгæйдæр. С’ ас, сæ конд у рæстæмбис, къæсхуыр, фпдар, хъæддаг æмæ цæхæрцæст сæ бакастæй. Сæ уаг цурон, зæрдæхынцæг. Стæй абырæгарæзт, с’ ахуыр '.1 мæ хъуаг кæй æпйафынц, уый фæдыл Цæрынц æвзæр æмæ чъизи, тæтæй- рагæнгæс сæ дарæс, сгы бонзонгæ Йеууын-кæрдзын кæнæ цыхтымур доны ссæст, искуы-иу-хатт фыд — уымæп сæттыпц сс стонг Æхсæз къуырийы ’фæндаггаг се,мæ, æд хæцæнгæрзтæ, афтæмæй рогæн ысфардæгвæййынц хæх- тæм цуан æмæ хæтæны. Сæ цардыуаг, стæй иудадзыг цæмæ тырнынц уый — цæмæй сæхионты хъахъхъæной, бавæрой сæхн сæрибар. Лæбурын æмæ цуа- ны хæтыныл иттæг иузæрдион ысты, стæй ыстыр ныфсхаст. Сæ чысыл ком фаг нæу хуымгæндæн. Æмæ уый фæдыл сæ зæрдæ у абырæгдзинадырдæм гыздæхт. Седасдзинад æмæ иннæ хæххон адæмты æдасдзинад дæр арæзт’ у сæ хорз æгъдæуттыл, уазæг цæм у кадджын, æнæхъыгдард Тугисын цæм афтæ æгад æмæ сахъат нæ кæсы. Закъоныл цы адæмтæ цæры, уыдонмæ та ацы сахъатæй фыддæр иу сахъат дæр нæ зыны. Хæлæг цы у, уый цæм æппындæр нæ зонынц — ахуыргонд адæмæн сæ тæккæ стырдæр сахъат. Адон -.æппæт—кæмæ фылдæр, кæмæ та къаддæр—ысты сæ сыхаг адæмтæм дæр: Цæцæн, Гих æмæ Аттигертæм. Уыдонимæ та иутуг, иуыстæг ысты. Сæ иу хай дзы тæтæйрагау æмбары, Фæлæ чиныджы нæ зонынц. Ницы дæсныйад цæм ис, гæрзтæ аразыны хъуыддаг куы нæ нымайæм, уæд. Иннæ Кавказы адæмтау, уыдонæн дæр бæрæг нæу сæ истори. Уый та уымæн, æмæ æнæ- ~хъæн адæмтæ не сты, фæлæ æрлидзæггаг, сургæ кæй фæкодтой, уыцы дзыл- лæтæй ысты. ^Ецæгæлон æмæ цæм сæудæджергæнджытæ стæм хатт бафты, уымæн æмæ цæм сæ мæгуыры азарæй ницы и. Стæй сæ чысыл хъуæгтæ сæхæдæг аразынц сæхицæн. Сæ дины иучысыл ис æрдзы уавæрæй Кадгæнæг ысты иу бæрзонд Уæвæгæн, уырны цæ фидæн. Ноджы ,ма, æддейы бакæс- гæйæ, сæ рагон æгъдæуттæм гæсгæ тынг ыздæхт ысты чырыстон динмæ. 'Сæ уæлмæрды цыртытæ —пысылмонарæзт. Хъæдæй цын турбантæ, стæй хъабахътæ тырысатимæ. Афтæ зынди ’мæ цыма уыцы ’гъдæуттæ сæ сыхæг- тæй райстой Сæ конституци (кæд æмæ æнæзакъон цардæн аразæн ис) æп- пæт адæмæн дæр у иу. Æмæ, æвæдза, сæ дзыллæйæн исты тас у, уæд тæр- хоны бацæуынц сеппæт дæр æмхуызонæй. Фæлæ сæхимидæг хицæнтæй ар- ^хайынц, хъуыддаг аразынц тыхы фæдыл. Мыггæгты ’хсæн загъд куы стых- 117
джын вæййы, уæд цæ адæм тыххæй бафидауынкæнынц. Дарынц мæхъхъæлы хуызæн чысыл уарт, фондз æрмæрины дæргъæн мыдзыра, хорз арæзт хæтæл, рог æхсаргард (къулгард), стæй хъама ’мæ кард. Сæ цыбьтр арцæн ис цалдæр сиучъы. Уый цын æххуыс у иуæй сæ топпыкъæдзæн, топпыхъæд æгæр рог куы уа, уæд. Фылдæр та вæййы цæхгæрмæ уарты фæстæ, сæхи иргъæвынæн, стæй ма бахъуаджы рæстæг—æхсыныарцæн дæр. Уартæй’ цæф рацахсын -цæм касти -стыр арæхст. Иукъорд лæбурæджы иуæн ницы бафæрæзтой æрцахсынæн. Топпыхосæйифтындзгæтæ куы фæзынд, уæд нал дардтой рагон фат æмæ ’рдын, æрмæст ма лæппуты хъазæнтæн базза- дысты. Уарт у фидар æмæ хъæбæр цармæй арæзт. Арæхдæр вæййы дæргъ- æлвæс. Æфсæйнагæй йыл зилакгæндтæ тæлытау—иу иннæйы мидæг. Иæ тæккæ астæу тымбыл æфсæйнагæй æмбæрзт. ,Хуыд у зæгæлтæй. Зæгæлты сæртæ—æддæмæ цыргъ, цыфæнды ’хсаргарды цæф дæр бауыромдзæн. Ми- дæджырдыгæй дзы дыууæ гæрзы цонгыл бафпдаркæнынæн æмæ лзы нымæг тыгæнпæл—хи хъахъхъæнынæн. Ис ма дзы ноджы даргъдæр гæрз. Фæнда- гыл цæугæйæ уыцы гæрзæй уарт вæййы уæхсчытыл ауыгъд. Иæ хæдзарæй æнæ уарт æмæ æнæ цыбыр мыдзыра ничи рацæудзæн. Хъæуæй куы цæуой- искæдæм, уæд та бынтон гæрзифтопг вæййьшц. Лæугæ кæнæ ныхас куы кæной, уæд æнцайынц сæ мыдзыратыл, галиу къухæй та уарт дарынц сæ размæ. Мæ цæст цын рахастон сæ комыл æ,мæ дзы райднаны банымадтон иуæн- дæс мæсыджы. Мæсгуытæ лæууыдысты алы рæтты сæ хæдзæртты ’хсæн. Хуссарырдæм аст версты, бæрзонд хохы рæбынты (с’ арæзт хурныгуылæнæц хурыскæсæнмæ) — хъæутæн сæ фылдæр. Стæй дарддæр иннæ хъæутæ. Уы- донæй Фортан (Мæртæны) донæй æ.мæ хурныгуылæиы хохдымджыты ’хсæнты. уыди нарæг цæуæн. Хæхбæсты цæрынц фосыкуыстæй, пучысыл кæпынц зæх* хыкуыст дæр. Сæ хуымгæндæн йæ фылдæр уыди быдырæн й’ ацырдыгæй- фарс. Фæлæ цын ныр, пыббырсынæй тæрсгæйæ, æнæкондæй баззад. Хæцæг адæм цæм разындзæн ацьт рæстæг иу авдфондзыссæдз лæджы ’рмæст. Афтæ- мæп та раздæр уыдысты дыууæ хатгы тыхджындæр. Сепæниз бæстыхъæд цын нысанкæны бирæ цæрæнбон. Фæлæ цæм фидар барджын æгъдау кæй нæй, уый тыххæй сæ цыппæрæм хай афонæй раздæр амæлы, æмæ бирæ усты- тæ кæй хæссынц, æрмæст ма цæ уьтй ирвæзынкæны бынтон быпысæфтæй. Æмбисбон фæдисы ’рбацыд иу цæцæйнаг лæппулæг. Сæ дзыллæ, Уыры- сы ’фсад цæм кæй æрбаввахс, уый тыххæй сызмæлыдысты, бæстæ дзолгъо- молгъо сси. Устытæ ’мæ сывæллæттæ хъæдмæ фæлыгъдысты. Иукъорд бо- ны раздæр цы бæлттæ фæцыдысты, стæй ма знон кæй арвыстой, уыдон дæр> сæ хъæутæм æрбаздæхтысты сæхæдæг. Бон æмæ ’хсæв кæрæдзийæ хицæн- кодтой, афтæ та цыма сæхи зæххы федтой уырысы. Уый æрбацыди се рвадæлтæм хабар фехъусынкæныны тыххæй. Æз дæр, мæ бон цас уыди, уыйас æвдисæн фæлæууыдтæн, æгæр кæй ысдиссагкодтой, уыцы хабарæн. Æмæ цæмæй сæ рæдыд ма сбæрæг уа, уый тыххæй цын загътон, фæстæмæ кæй.ыздæхын цæцæны ныхмæ, уый. Цæмæй иннæтимæ мæхи баиукæнон. Ацы ’фсонæй æз менæнхъæлæджы фæстæмæфæндаг хъуамæ хуыздæр басусæгкод- таин. Æмæ, нæ разы цы бæрзонд уыди, уырдыгæй, фæстсйы мын чп баззад,' уыцы къамандæмæ баздæхын.—Афтæ уыд мæ зæрды. Стæй мæ сæйрагдæр фæндонæй исты мæ къухы цæмæй бафта,— уома Цæцæпы бæстæ цы у, уы- мæй иучысылтæ базоныи. Хъæрæболаг мæм хатыдтой, тасзаман кæй у, уьтмæ гæсгæ мын кæстæриуæгæй æмæ баххуысæй зæрдæ бавæрдтой. Æмæ цæ цæ- 118
алæй ма бакъуылымпыкодтаин, уый тыххæй хъæркодтой æмæ мæ фæдыл ра- ца^уынмæ хъавыдысты. Севаст фæндон æмæ æваст сæ бæхтæм кæй ахæлæф- кодтой, уый мæм гуырысхойаг фæкаст, уæлдайдæр та уы.мæн, æмæ Андреев- •æлдар, адæм куы сдзолгъомолгъо сты, уæд сусæгæй алыгъди Ноджы ма кæсгон æлдары дæр йæ фæдыл акæнынмæ хъавыд. Æз цæм нал фæкастæн Æмæ цын бафæдзæхстон, мæ фæдыл куыд нæ рацæуой, фæлæ уæлæрдæм, æндæр фæндагыл се знæгты фæдыл фæдис куыд фæкæной. Æз ацыдтæн иу æргом фæндагыл, иу тæнæг хъæдыл, Гихадонæн йæ хурыскæсæнвæрсты. Уыцы ран хæхтыдымæгмæ цардысты иу адæм. Доны ломы хуызæн уыдонæн дæр сæ ном хуынди Гиха, цæцæны мыггагæй. Гихайыдон Гиха чысыл дон у. Цæуы бæрзонд къæдзæххæхтæй хурыскæсæнварс æмæ Уырысы Фортанимæ баиу вæйнынц, сæ дыууæ дæр, Сиуынцыдоны рахиз был- мæ кæм бакæлынц, уый агъо.ммæ. Иæ галиу былыл хæрдмæ фæцыд иу чы- сыл къуылдым. Рахизфарс та фидар бæрзонд, сæ дыууæйы дæр адаргъ ысты чысыл къохтæ. Æз ыл ракодтон мæ фæндаг, суанг Уырысы Фортаны æнæфæндаг хъæдимæ кæм баиу ысты, уырдæм. Уырысы Фортан Ацы доныл ном сæвæрдтой Уырысæй лидзæг адæм стæй зæрондуагыл ;уырнджытæ (старовертæ), кæддæр заман уыцы ран чи цард, уыдон. Мæнмæ афтæ кæсы ’мæ — Гребенск-хъазахъ, ныры рæстæг Терчыбыл чи цæры, ^фæ- -лæ кæддæр ацы ран чн цард. Уыдон сæ ном райстой ацы бæрзæндтæй. Уы-мæн æвдисæн — грекъаг дзуаргæндтæ Уыдон амыты зынынц. Ныр æдзæ- р’æг у а бæстæ. Æрмæст ма хохрæбынты цæцæнæй иу къабаз цæры. Сæхи .Аттайа хонынц. Сæ цæрæнбынæттæ авд версты фæстæдæр баззадысты рахиз- ырдыгæй хурныгуылæны, | Уыйфæстæ дæс версты размæ ку’ ацыдтæн, уæд мын амыдтой, иу æгæн- дæг хъæды сæрмæ бæрзонд чи фæцыди, ахæм фæздæг. Уый æвдыста цæцæ- ны хъæуты бынат. Куыд зынди, уымæ гæсгæ ма хъуамæ дард уыдаиккой, иу фидар хъæды, куыддæлæмæ цæгатырдæм стырæйыстырдæргæнгæ чи цыди. Аргуныдон ; Ацы стыр хъæды цæуы стыр æмæ тагъд дон — Аргун Уый хъæрмæдæт- тырдыгæй баиу вæнйьт Сиуиынцыдопимæ, фæстаг та Счедрннмæ хæстæг бакæлы Аргуны рахиз фæрсты, йæ кæронмæ асуанг иу хохрагъ. Уымæн йæ бæрзонд- дæр, йæ айнæгдæр цъуппыл æз ранртæстон кæсæпцæстæй иу мæсыг. Ацы хъæдыл Цæцæны хъæутæм ис нарæг æмæ ’взæр фæндаг. Фæндагæн йæ фæрстæ сты уæрмытæй фидаргонд. Куы цæм балæбурдæуы, уæд фæндæгтæ ’рцахсынц æмæ бæлæсты аууæттæй æхсынц. Знагæн та фæндаджы фæйнæ- фарс уæрмытæй нæ вæййы йæхи ахæлиукæнæн, цæмæй цыл бæлæсты фæстæ- ты фадат уа схæцынæн. Счедрин æмæ иæм Червлйонæй алыхатт куы ба- Сырсæм, уæд нæ разырдыгæй вæййынц хæхтæ, бонымбис кæм фæцæуай, 119
ахæм даргъ хъæд, стæй иу мин зындзинады. Уæлдайдæр та бæхджын æф~ садæн нæ вæййы фадат, цæмæй цæм уый æнæнхъæлæджы ’мæ цырд бацæуа. С’ афтид хæдзары къуымтæ сыгъд кæй æрцæуынц, уый бирæ ’ххуыс нæу. Уымæн æмæ, æвæдза, ныр фæстæмæ раздæхт æфсад, уæд алы ком, алы хъæды дæр разыны стыр тасы уавæр. Цымæ ахæм сахат хуриыгуылæнырдыгæй Чысыл Кæсæгæй (Челæхсана- тæй) рæвдздæр æмæ хуыздæр нæ уыдаид, цæмæй æнæкъуылымпыйæ хæстæг бацыдæуа сæ хæдзæрттæм? Челæхсанаты быдырыл, хъæдбынты сæ хæдзæрт- тæ,м бацу ’мæ Хъуымыхъы уæллаг фæндагыл с’ алы фарс æрзил æмæ цыл æрбад. Хæхтырдæм сæ рагон фæстæмæцæуæнтæ уæд лыг æрцыдаиккой æмæ фыдздзæгты хуызæн æххуысæнхъæлцау нал уыдаиккои. Нæхи нæ бакæнын хъæуы Сиуынцыдон æмæ хæххон дзыллæты, цæмæй нын кусой раззаг гæрæ- нæй, сæ нырмæйы фыдуагдзинæдтæ ’мæ æнæнцой бæлттæ цæ баиу куыднæ- уадзой н’ арæнты ныхмæ. Челæхсанатæ ’мæ Хъæрæболагтæ та уыцы бæс- тæ кусыН’ байдаиккой, уырыо сæ фарс уыдзысты, уымæй цæ ныфс куы уы- даид, уæд. Арвыкомы фæндаг, стæй хохфæндæгтæ дæр уый руаджы суæгъд-- уыдаиккой æмæ цыл æдасæй цæуæн уыдаид. Æз мæхи фездæхтон цæгатырдæм хъæдбынты, Сиуынцыдоныбылтыл фынд- дæс версты. Стыр Фортаны комкоммæ, стæй хурныгуылæнты Ессæныдоныл. Уый дæлæрдыгæй пырхытæй кæй цыди, сакъадæхтæ дзы кæй разынд, уый тыххæй уыди æнцонуайæн. Ацы ран мæм зынди æдас ран. Сиуынцыбыдыр- мæ цæхгæр,мæ айстон мæхи, фæстены кæй ныууагътон, уыцы къамандæмæ* куыд бацыдаин. Фондз версты бæрц цæм куыд бахæстæг ыстæм, афтæ нæ разддзæуджытæ ауыдтой иу бал, махырдæм чи уад. Стæй та нæ уадидæ- гæн адард ысты. Мах батагъдкодтам, фæстейы хъæды кæй ныууагътам, уы- цы ’мбæлттæм. Уыдон бæлæсты фæстæ стыр тасы бахаудтой. Дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ цæ базыдтой æмæ с’ алыфарс æрбадтысты. Фæлæ цæм æхсарджынæй на^ бырстой. Ныр цæм мах куы бахæддзæ стæм, уæд цæ æваст фæуагътой. Адон уæвгæ уыдаиккой уыдон, раздæр кæй федтам æмæ та- ныр фæстæмæ хохдымджытæм чи афардæг дысонæхсæв, æвæдздзæгæн, уьщы ран, сомбæхсæнуат кæмæн уыди. Бæлæсты сæрыл цы дыууæ хъазахъхъаджы хъахъхъæдтой æмæ ацы сахат тас кæмæн уыди, уыдонæй сæ иу доны фæр- < цы аирвæзт, аннæ сæфтыл нымад уыди мæ бацыдмæ. Куыддæр, æвæдза, хурныгуылæн бæрзæндтæ ныууагътон æмæ мæ чъылдымырдыгæй ысуæгъд, асЬтæ мæ къамандæ Сиуынцыхъæдæй рахуыдтон æмæ доныбылтыл хæрдмæ’ тыхджын сæпп акодтон. Нæ фæрссаг хъахъхъæнджытæй уыдаид иу авд всрсты, афтæ нæ размæ фæци, йæ ласджытæй чи фæлыгъди, уыцы сæфт хъазахъхъаг. Чысыл фæстæдæр та федтам, иу хурныгуылæн бæрзондыл дыу- уæ балы,пуы дзы — æртæ, нннæйы та авд лæджы — æртæ всрсты дарддæ- рæй нæм сæ цæст дардтой. Фæстаджырдæм цыл æз хинæй рацыдтæн, Сусæ- гæй ыссæдз хъазахъхъаджы иу къуырфауы арвыстон. Уыдон уыцы дыууæ къорды фæхæлиукодтой æ.мæ цæ сурын байдыдтой. Иу зæронд цæ фæкалд æмæ йæ ’рцахстой. Иннæты нæ фæллад бæхтæ нал баййæфтой. Ацы зæроид нын, мах нæхæдæг цы зыдтам, уыдон радзырдта: уо.ма — нæдæр нын нæ тых, иæдæр нын нæ фæнд зыдтой. Æнхъæл уыдысты ’рмæст, æмæ цын æцæ- гæйдæр сæ хъæутæм бырсынмæ хъавæм. Аннæтæ сеппæт дæр сæ хæдзæрт- тæм аздæхтысты Уый ма йæхæдæг æрмæст иу къорд æмбалимæ цуаны тых- хæй аззад. Лæхстæ иын кæй кодта, стæй зæроидау-зæронд кæй уыд, уый тыххæй йæ æз фæстæмæ ауадзынкодтон. 120
Донæц йæ хурныгуылæнырдыгæй æмрæнхъ цы бæрзæндтæ адаргъ ысты, уыдон дæсæмæссæдз версты уæлдæр не хсæвиуатæй Сиуынцыдонмæ ’рба- хæстæг ысты ’мæ ма цæ ’рмæст иу чысыл бæрзонд бафтыд суанг доныбыл- мæ Ацы цъуппæй хæхтæ ауырдыг ысты хуссар-хурныгуылæн.мæ, стырдæр хæхтæ та — хурныгуылæнмæ, суанг Тæтæртуппы уонг. Стæй ма дзы фæлтæр- джын хæхтæ, Ахлæуаты хъæу æмæ Челæхсанатæ (Чысыл Кæсæг), цы ран ыстьт, уым. Насыраныдон цæуы ацы хæхтæн сæ хуссарвæрсты, згъоры сæ бын- ты, сæ кой кæмæн кодтам суапг уыцы цъупмæ ’мæ Сиуыпцыдопма^ бакæ- лы. Мах ахызтыстæм иу чысыл къуылдымыл Уым уыди иу ыстыр дурын- цырт. Стæй араст ыстæм иу уырдыджы Насыраны фæндагыл. Уыйфæстæ та иу æмуырдыг фæндагыл, донæн йæ рахнз былыл, пæ комкоммæ цы бæрзонд уыд, уыууылты. I /. / Иасыраныдон Насыран у чысыл дон. Цæуы цæгат-хурыскæсæнырдæм. Йæ донуат у ’сæдзæнтæ, хъа.мыл æмæ къудзнтæ йæ былтыл, сыгъдæг мæсчъыдоп — йæ • дон, йæ зæххыхъæд—цъымараджын, ныхсæнтæ—æрмæст йæ донуайæнты ис ацæуæн. Йæ уайæпты алы зындзинæдтæ, бæрзæндтæ. Хъæдхæхты рæбынты згъоры Сиуынцыдон пæхæдæг. Уыдон сеппæт иумæ аразынц иу фидар уын- гæг цæуæн Хъулгъа дзы хъахъхъæнджытæ дарынц. Хуссарварс дзы зы- нынц Челæхсæнатаг (Чысыл Кæсæг) хъæууæтты фæдтæ: уæлмæрдтæ, алтъа- митæ ’мæ ’ндæр дыргъбæлæстæ сæ дыргъдæттæй, стæй ма ’ндæртæ. Уыдон сæ хурыскæсæн сыхæгты ’лдæртты фæцагътой. Тарстысты тугисынæй æмæ Андерипсæй хуссарырдæмдæр ацы нарæг цæуæпмæ алыгъдысты ’мæ дзы, Сиуынцы-æмæ Хуымæллæджыдоны ’хсæн цы быдыр и, уый бацахстой. Æнæнцой, стæй бирæ фосы дзугты фæдыл уыдон, дæсæмæдыууиссæдз азы бæрц рацыдаид, афтæ æрыпцадысты хурныгуылæнырдыгæй хохрæбынты Мар- люликдоны был. Уыдон поджы ныууадзыиксдтон хæххоп адæмæн с’ абырæг- дзинад. Фæлтæрджын хæхты цæгатварсмæ цæ алидзынкодтой æмæ ныр дæр ма уым цæрыпц. Тæтæртуппынарæджы фæстæ аиы нарæг дæр бæззнд дыггаг фпдарæи. Уырдыгæй хохцæрджытæн—Кæсæг æмæ Цæцæнæн—сæ идоны рохтыл æнгом хæцæн уаид. Бæстыхъæды фадæттæ цьли дæдтынц фидардзинад, стæй сæ хъуæгтæ цæмæй æ.мбæрзой, уый фаг. Нарæгæй фондз версты уæлдæр бахс.т- виуаткодтоп Турзедоны фаллагфарс Дон гуыры хурыскæсæыы хæхтæн. Стæй ызгъоры Ахгуртеры быдыртыл æмæ ацы ран Сиуынцыдоны рахиз был- мæ бакæлы. Хохыуарынтæп та Сиуынцыдон афтæ раизылд ацы ’хсæв дæр жмæ, иннæ фарс цы пикет уыди, уымæл фадат не рцыд дыггаг бон фæсен- хорæй раздæр фæстæмæ ’рбаздæхыпæн Мæ фæндаг дардтон Сиуыпцыдош: былтыл Хъулгъайы хъæ’’дыг быдыр- ты суанг хохрæбынтæм хæстæг. Уыцы фарс, цыппар всрсты хурыскæсæныр- дæм хъæдхохрæбынты Ахгуртертæн уыди иу æртæ, æви цыппар хъæуы. Уыдон ысты, Хъæрæболаг æмæ Хъулгъайæ чи равэæрд, ахæм адæм. Сæ хорз зæххыты руаджы, сæ бæстæ фæлмæи æмæ гомтыгъд кæй у, уьтй фæрцы уыдон афтæ æнæуаг æмæ даваг нс сты, сæ хохаг сыхæгтæ куыд ысты. Æз бафиппайдтоп алыран дæр хъуагдзниад. Фидарæхгæд бæстæ фылдæр хæт- тыты здæхынц абырæгдзинадмæ, стæй хъæддаг уагыл хæцынц адæм уыцы 121
ран. Быдыртæ та аразынц иннæрдæм. Уыимæ хуымыкуысты’ фадæттæ адæй- маджы кæнынц æгъдауджындæр æмæ æнцондзарддæр. Хуымæллæджыдон Фондз версты хурныгуылæкмæ мах Хуымæллæджыдоны был /бафтыды- стæм иу ранмæ. Уым донрацæуæны хохрæбынты цæрынц Хъулгъа кæнæ* Кистытæ. Дон.рацæуы æхсæз версты хуссарæй, Стыр Хъулгъайы комæй^ бæрзонд хъæдарæх хохрæбынтыл. Райдианы згъоры цæгатырдæм. Й’ арæзт у цæгат-хурыскæсæнмæ иу тыгъдбыдыры дыуунссæдз версты бæрц суанг Ахлæуаты фæлтæрджын хæхтæм* Хæхтыдымджыты æваст хурныгуылæнмае фездæхы ’мæ Тæтæртуппæй цыппар версты уæлдæр Терчы рахиз фарсмæ- бакæлы. Йæ былтæ сты фæз, пæ донуат — дурджын. Иæ цыд тагъд нæу. Бирæ рæтты дзы ис донуайæнтæ. Аинæ быдыры дæтты хуызæн, хъæд йæ былтыл чысыл ис. Ноджы дзы алыран дæр нæй, уы,мæн æмæ дон нæ бы- нат куыд ивы, афтæ йæ арæх аласы Ахлæуаты хæхты кæрæтты Гуырдзыпы. (Арвыкомы) фæндаг цæуы Хуымæллæджыдоныд Æмæ, æвæдза, уарыктæ пе ’рцыд, уæд, дзы алы рæстæг дæр ауайæн вæййы. . Ног рæстæджы хохрæбын Хъулгъапæ ’риарди иу хъæу, йæ ном Сæлхæ. Сæ мæгуыр; кæмтты адæм кæп ысбирæ слы, уый цæ лпдзыпкодта быдырмæ. Цæгатварс ыстыр быдыр рагæй ахст æрцыдаид Р1рæп дæр кæрæй-кæронмæ, фæлæ цæ Кæсæг, сæ хицауадуарзон æмæ сенæгъдаудзинæдтæм гæсгæ уæй кæй кодтой сæхи сæрибар адæмыхаттæп цагъайрæгтæ ’мæ кусджытæн, уый Р1ры уырæдта с’ айнæгкъæдзæхты. Кæсæджы тыхмитæн уыдон дæр ныхмæфæ- лæууынхъом уыдаиккой, фæлæ æвæндаг хæхтæ, сæ хнвæидоп сæрибардзнпад фæдихтæкодтой уыдонæн сæ чысыл дзыллæты ’мæ уый тыххæп æдыхмæ ’рцыдысты. Ацы ног хъæутæ сæ хъæбатыр æ,мæ сæ дзыллæпы фпдардзпна- ды руаджы, уæлдайдæр та сæхи дарын кæй зыдтой, уый руаджы, кæсæ^ цыл-иу æфсондз сæвæрынмæ куы хъавыдысты, уæд-пу æй фæстæмæ рап- пæрстой. Уый аххосæй-иу помдзыд æлдар æрæджы дæр ма мард фæци. Хуымæллæджыдонæн йæ галиу былыл фидар рап, хохрæбын, цæры дыууæфопдзыссæдз хæдзары. Сæ размæ арф къуырфау, доныбылы фидар- дзинадæн. Иннæ хъæутæ сты быдыры рахизырдыгæй чысыл дæтты былтыл. Уыцы дæттыл алы мыггагæн дæр ис иумæйаг куырой. Æмæ ацы адæмæл сæ зонд куыд иувазыг у, сæ куырæптты арæзт дæр афтæ иувазыг у. Ацы куырæйттæн, кæд æ.мæ сæ кой айхъуыст, уæддæр æз нæ зоиыи, искуы ма разына цымæ æндæр адæм, сæ фæнд, сæ хъуыдытæ ’взæрдæр æрмæг æмæ къаддæр фадæттæй афтæ бæлвырд æмæ афтæ иувазыг чи раргомкæна. Сæ куырæйттæ семæ ахæссынц сæ хæдзæрттæ.м, стæй та цæ алыхатт, бахъуа- джысахат фæстæмæ сæ бынаты авæрынц. Чысыл куыройыфыд сæмæнæй фидаргонд у цалхимæ. Цалхмæ та арæзт у нук. Нукыл дон хæдуырдыг кæлы ’мæ тагъд-тагъд знлынкæны куыроныфыдтæ. Хъуырдзæвæны хуызæн бæла- сыцъарæй арæзт хорыкъуту ауыгъд у цыппар бæндæныл. Къутуйыдзыхыл фидаргонд у иу лæдзæг**. Уыцы лæдзæг дурыл ныдзæвы ’мæ бæрæгбæрц ызмæлын кæны хорыкъуту. Иу цыргъ дур иннæйы духъхъы æвæрд у сæмæ- * ’Ацы рæстæджы — Кæрдзыны р æ г ъ т æ.— Тæлмацгæнæдо;:ы фип- паинаг. ** Гæркъæра г?— Тæлмацгæнæджы фшгпаинаг. 122
нæн æфсæн зæвæтдуры бæсты. Иу саджилхъæд - сæмæпы бын иу дурыл æвæрдæй уæлæмæ хæцы ’мæ фидар дары куыройыфыд. И’ арæзты ’фсæйна- гæн ницы ис. Куыройы куыст кæнынц устытæ, быдырыстæй хæдзары куыст куыд аразынц, афтæ. Ноджы ма сæ дарæсы фабрикапттæ дæр уыдон ысты. Иннæ хæххон дзыллæтæй ацы адæмы хоныпц цæрæгдæр, уымæн æмæ цæм фос æ,мæ хор фагæй фылдæр ис, фæлæ уæддæр бонзонгæцард кæнынц. Уы- дои хæпынц йсу, хъæбæрхор æмæ мæнæуыссадæй алыхатт, хæрын цæм куы цæуьт, уæд, чысыл тымбыл чъиригæндтæ. Хыссæйæ ныв саразынц, тымбыл’ яъæйыл æй æрывæрыкц æмæ, æвæдза, æрдæгфых фæци, афгæ йæ та^вд фæ- пычы атъыссынц, цалынмæ бынгон ысфыца, уæдмæ. Уып къуыбарджын вæй- йы ’мæ хъæбæр, фæлæ ацы адæмы ахсæны батайы ’нцонæй, бæрцæй дзы куы бахæрынц, уæд. Уыдон ма сæ бæрæгбонмæ фыцынц портыры мыггаг хорз бæгæны. Дарынц хъæрæболагты дарæсы хуызæн дарæс. Хæцæнгарзæй цæм ис хæтæл, æхсаргард, хъама, мыдзыра (арц) æмæ уарт- Æрмæст сæ дарæс, стæб’ сæ хæцæпгарз хуыздæр æмæ аивдæр ысты. Фылдæр фæхæтыни бæхтыл, хæхты та фылдæр — фистæгæн. Сæ уартæн архайынц штæг арæхст- джынæп. /Ез пу дæсæмæссæдзы бæрц федтон иу фидис, ну уайдзæфы тых- .хæп хылтæ. Уы.мæн æмæ цын фидйс у стьтр маст. Арæх ахæм фидисмæ туг акалыпц. Хæцын-иу куы райдыдгой сæ кæрдтæй, уæд-иу дистыл фæдæн: -фæстагмæ-ну дзы искуы иу лæг разындаид цæф. Стæй дзы иу дæр ахæм цæ уыд, йæ уартыл цы цæфтæ сæмбæлд, уыдонæй чп нæ раппæлыдаид æмæ- пу дыууадæс хатты кæй нæ равдыстапд. Алы чысылннцæйы тыххæй-иу сæ л<æрдтæм фæлæбурдтой, фæлæ бирæ ахæм хъуыддæгтæ, æз куыд федтон, -афтæмæй-иу бынтоп ницæуыл ахицæн ысты Арт чи уадзы, уыцы хæцæн- гæрзтæм, амал нал ис зæгъгæ, æрмæсг уæд бавналынц — туг райсын куы •бахъæуы, кæнæ цæм ’ызнаг куы лæбура, уæд. С’ адæмы арæзт кæсы сæ хистæргæм, уæлдапдæр та сæ тыхджып кæнæ исджын мыггæгты хистæртæм, 1шнæты сæ сæйрагдæр фæндæттыл ацæуынкæнынмæ хорз чи арæхсы, уыцы листæртæм. Уыдои ацы ран раст адæмы ’хсæн куыд дзырддзæугæ сты, афтæ хæхбæсты не сты—уым цæ сеппæты мæгуырдзинад кæны ’мхуызон. Уымæ гæсгæ цæм уым дæлдæр-уæлдæртæ нæй. Иу ахæм хнстæр Чош (ТзсЬозсЬ) ’ хæрзæгъдау æмæ уазæгуарзаг адæймагмæ æз бафысымкодтон къæвдайы Н’ арæныл’ ахæм къæвда арæх пæ вæййы. Ацы хъулгъайæн сæ хæдзæрттæ ’взæр ьтстьт—хъæдæйарæзт къуымтæ, æмæ цæм лæбурæг куы вæййы, уæд цæ ныууадзынц, уымæн æмæ цæм а бæсты нæдæр хæцæнмæсгуытæ, нæдæр æндæр фидæрттæ ис. Сæ хохырвадæлтимæ сты фидар баст, цæрынц хæларæй: цæ- мæй бахъуаджырæстæг сæхи уым бафснайой. Сæ зæхх, сæ хæдзæрттæ хæхбæсты се рвадæл^æн ныууадзынц, уымæп мæгуырты сæхи бакодтоп, цæмæй цын æдас бынат уа хæхбæсты. Фæндаг Стыр Хъулгъайы коммæ, сæ дыггаг пæрæчбæстæ цы рз-ч ис, уырдæм цæуы хъæдарæх раззаг хæхтыл, рандианы рахиз фæрсты, стæп иу- къорд всрсты фæстæ бахизы ХуымæлЛсТджыдоны галну фарсмæ. Комынарæ- гæн йæ уæрх уыдзæн цыппарыссæдз ивазны, йæ дæргъ та ’хсæз версты. Алыран дæр у лæгъз, стæй дзы ис цæуæн, ранæп-ран та — хъæд Йæ фæп- нæфарс — дыууæ къуылдымы, æмуырдыг æмæ хъæдарæх хæхтæ, сæ цъуп- лытыл зайы ’мбисонды сырх хъæд (Тах обег Е1ЬепЬаит) Нарæджы кæрон пу къæдзæхыл сарæзтой пу цырт, кувгæ дæр уым кæнынц, нывæндтæ дæр * Арæнхахх, уырыссагау — лнния. Ред. 123
уым хæссынц. Ардыгæй байгом Стыр Хъулгъайы ком æмæ тындзы хуссар- хурыскæсæнмæ ’хсæз верстæй фылдæр, йæ уæрх та у цыппар версты. Хъæу- тæн’се стырдæртæ æрдузы цæгатварс ысты, сæ иу хай — хохы фæхстыл, аннæтæ та—доныбылтыл. Гергедоны хурныгуылæнфарс дæр ма хицæнтæй: ис иу цалдæр хъæуы. Коммæбацæуæны—иу мæсыг, быру й’ алыфарс,. æдзæрæгкомы нарæг хъахъхъæнынæн чи хъуыд, ахæм. Ком у фæз, бæззы цыи хъомхизынæн, алырдыгæй дзы гуыры суадæттæ. Хуымæллæджыдон ху- рыскæсæн, стæй цæгатварс Герге та йæ хуссар æмæ хурныгуылæны й’ алы- фæрсты ’рзилынц, алыхуызон дæттæ цыл куы бафты, уыйфæстæ. Хуымтæн сæ фылдæр ысты хæхты кæмттæн сæ хуссæртты цæгатварс. Сæ фысфос дарынц хъæдарæх хæхтæн сæ хуссар æмæ хурыскæсæн фарс. Хурныгуылæн хæхты дзы ис Вапихъæу. Ардыг^и хæхтыл фæндаг пс Геркмæ. Хуымæл- лæджыдон рацæуы хурыскæсæн хæхтæй дыууæ къабазæй Сæ рахиз фæрстæм æввахс хæхты фæндаг ис Ессæйыдонмæ, стæй мндæггагДъулгъамæ. Хуры- скæсæн æмæ цæгатхæхты ’хсæн ис къахвæндаг садигейрæгтæм æмæ Хъæрæ- болагтæм. Гергедон рацæуы бæрзонд цъитиджыи хæхтæй хуссары ’мæ ай- гæрды фæзæн йæ хуссарварс хæхты кæрæй-кæронмæ. Йемдæргъ дзы Хъазы- Оегатæм ис къахвæидаг. Ацы фæзы номдзыд хистæртæп мæм фæндагыл иу фæкаст, йæ ном За- ку. Стæй мæм хъахъхъæнынæп дæр фæдардта йæ цæст Æмæ афтæмæйты бацыдтæн æз мидæггаг бæрзонд хæхты фæстæ Хъулгъайы (рæзмæ, Хъулгъа кæнæ Кистьц мыггаджы равзæрæн бынатмæ. Бæрзæндты сæрты, Хуымæл- лæджыдонæн йæ рахиз фæрсгы уыдп цæуæн куы бæхыл, куы фистæгæй. Махæй цæгатырдæм Хъулгъайы фæзæй авд верстмæ уыди Сиуынцыдоиы равзæрæн.. Уый æрбазылди хохыл хуссар-хурыскæсæпы Хуымæллæджыдоны равзæрæны комкоммæ, фæзы, хурыскæсæнырдыгæй уæлдæр цы фæз уыди, уым. Фæндаг иукъорд всрсты фæстæ уырдыгмæ ацыд Ессæйыдонуатмæ. Ацы фæп- даг, йæ хæрдтæ ’мæ уырдгуыты тыххæй, арæхдæр та йæ айнæгхæхты тых- хæй, уыди æнæхъуаджы зыпдзæуæн. Хуымæллæджыдоны арф кæмтты фæн- даг гæрзт куы ’рцыдаид, уæд æнцондæр уыдаиккой йæ цæуæнтæ. Хохрæ- бынты мах ахызтыстæм иу æвзæр хидыл Ессæдоны рахиз былмæ. Ацы ран хæхтæ ’рбалвæстой доны ’мæ уымæ гæсгæ у соптдæр, стæн дзаг у къæдзæ- хы сæстытæй. Уый айнæгкъæдзæхты ’нхъæвзын ’мæ фæндаг иуырдыгæй ин- нæмæ ивынкæны. Иу дзуары къæдзæхдурæй чысыл дæлдæр, кувæндонæ:*. нымдгæнгæйæ Хъулгъа сырды сыкъатæ ’мæ лæдзджытæ кæм æвæрынц, уым ис дыггаг хид доны галиу фарсмæ. Тасрæтты уый хуызæн кувæндæттæ би- рæ ис хохы. Хурныгуылæн хæхтæн дзы сæ уырдгуыты ис цæуæнтæ арæзт хидхъуаджы сæраппонд. Æмуырдыгрæтты уыцы нарæг цæуæнтæ—сæ уæлæ пыхс æмæ зæхх æвæрд—тыххæй уыромынц адæймаджы. Афтæмæй та цыл хæрджытæ, стæн хæргæфсытæ дæр æд уæргътæ бауайынц. Хæринæгтæ нын цы хæрæг хаста, уый пыхсы фæцæйирвæзт. Æмæ йын ыстыр тас уыд. Фæлæ* йыл разырдыгæй дæр-æмæ фæстæрдыгæй дæр бæидæнтæй цы хохæгтæ хæцыд, уыдон æй фæстæмæ сластой Æмæ ацы бæсты алчидæр йæхæдæг фервæза, уый кой куыд кæны, афтæ цæ фæндаг фæхуыздæры сагъæс иумæ дæр нæй. ’ Хуссарырдæм дæс версты бæрц цыдыстæм чысылгай иу донмæ ’мæ бафтыдыстæм иу цæхгæрмæбырумæ. Уым, ыссæдз ивазны бæрц йæ уæрх кæмæн уыд, ахæм уынгæг нарæджы, дыууæ æвæндаг хохы ’хсæн лæууыди иу хæлд мæсыг. Адон ысты зæронд арæнты фидæртты хæлддзæгтæ. Фидары 124
быру цыди æгас Кавказыл иу денджызæй иннæмæ, цæуæн кæм уыди, уыцьг уынгæг нарджыты. Цъæхденджызы был Дербенты раз уыцы быру у æртæ версты. Мингрел æмæ Абæдзæдейы арæнты та фынддæс верстæй къаддæр нæ уыдзæн. Хæхты, Терчы был уыцы фидары уæрæхдæр ран уыдзæн æртис- сæдз ивазны. Æз цæхгæрæй зæгъынмæ хъавын, æмæ ацы фидæрттæ Кавка- зы Дуæрттæ сты, бирæ фысджытæ æнæсæрфатæй Рог1ае Саиса$1 кæй хуыд- той, уыдон. Дербентæй суанг Сауденджызмæ Кавказы бæрзæндтыл быру уыди зæгъгæ кæй дзырдтой, стæй ноджы зæххы бæлвырд фысджытæ кæй бахъармкæнынц, уыцы хъуыды ’мæ фыст æдылы кæй ысты, уый тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы. Уымæн æмæ, быру цы рæтты ’нхъæл ысты, уымыты хæхтыл, стæй цъититыл цæуæн дæр нæй. Ацы цæхгæрмæсистæ хæхты нар- джыты æз хонын Кавказы Дуæрттæ; раДжы кæддæр куыд хуындысты, афтæ. Уыдон хъахъхъæдтой цæгатварсæй. Бырутæн уыди мæсгуытæ дæр, дон-иу ызгъордта Дуарæй хохы ’хсæп. Хæххон адæмы таурæгътæм гæсгæ, уыдоиæн сæ иу хай Македон Алыксандыры арæзт уыди Иннæтæ та мысынц ног араз- джытæ, фæлæ а фæстæгтæ, æвæдздзæгæн æмæ, уыданккой æрмæст сæ цалцæггæнджытæ. Цымæ сæ ран, сæ фидардзпнад, сæ цыбыр, стæй цыл хæрзчысыл хардз кæй хъæуы, уыдæттæм гæсгæ хуыздæр нæ уыдапккой арæ- ныхаххæн? Цымæ ацы пайдатæ,уыдон ног арæзт куыд æрцæуой, уый сæр- аппонд æххуыс ма фазуой? Стæй цыл Уырысы цæргæс (тырыса) сагъд куы ’рцæуа, уæд цæ уый æнæбасæтгæ ма сараза? Уыдзæн ма. Журнал аивгонд æрцыд Къодоты М., Грановский Л., Судаков В. æмæ Бон- даренко М. нывтæй
Публицистикæ ПЛИТЫ ИСЛАМ ХИЦÆН АДÆЙМÆГТЫ ИСБОН ÆМÆ ФÆЛЛОЙАДОН КОЛЛЕКТИВТÆ Куыд зонæм, афтæмæй 1986 азы Советон Цæдисы Сæйраг Совет раха- ста уынаффæ хицæн адæймæгты фæллойадон гæнæнты тыххæй. Уыцы уы- наффæмæ гæсгæ хицæн а]дæймæгты исбоныл нымад цæуынц канд йæ кусæнгæрзтæ нæ, фæлæ йæ куыстадон фæрæзтæ дæр. Кусæнгæрзтæ æмæ куыстадон фæрæзтæ æмархайд куы уойг æрмæст уæд бауыдзæни хицæн фæллойыл хæст адæймаджы бон йæ къæхтыл лæууын. Ацы исбон вæййы дыууæ хуызы: а) лæг йæхæдæг йæ бинонтимæ иунæгæй куы фæкусы; 6) лæг исты гыццыл хæдзарад куы саразы æмæ йфтæмæй куы фæкусы. Ныртæккæ хицæн адæймæгы куысты тыххæй закъон кæй нал иг уымæ гæсгæ, уæлдæр цы дыууæ хуызы кой скодтам, уыдонæй фыццаг рахизы ног хуызмæ, ома иунæгæй нал фæарха!йы, фæлæ исты къаннæг куыстуат саразы. Арæх сты ахæм кооперацитæ кæнæ куыстадон хæдзарæдтæ, адæй- маг йæ куыстхъом бинонтæ æмæ йæхиуæттæ, йæ зонгæтимæ кæм фæкусы. Ахæм куыстадон хæдзарадæн йæ бон дарын у, йæ дæлбар чи у, уыцы æндæр къаннæгдæр куыстуæттæ—цардыуаджы домæнтæ æххæстгæнæнг базарадон, æхсæнадон хæлцы æмæ суанг индустрийы куыстуæттæ д æр. Уымæй æддæмæ—хæдзарадон бæстыхæйттæ, транспортон фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр. Базарадон ахастыты дуджы уыцы лыстæг куыстуæттæ се ’ппæт дæр æнæкъуылымпыйæ рæздзысты, зæгъгæ, ууыл, кæй зæгъын аэй хъæуы, зæрдæ дарæн нæй. Фæллойадон хæдзарæдты хицæн куыстыл нымайын хъæуы, ССР Цæди- сы Министрты Советы уынаффæмæ гæсгæ арæзт чи ’рцыд, уыцы гыццыл куыстуæттæ. Уыдон арæзт цæуынц хицæн адæймæгты исбоны бындурыл дæр. Паддзахадон, хаццон, коллективон, æмгуыстгæцæг куыстуæттæ æмæ æхсæнадон организацитæн дæр сæ бон у ахæм гыццыл куыстуæттæ сара- -зын. Паддзахад стыр ахъаз кæны уыцы гыццыл куыстуæттæ аразынæн. Суанг ма сыл фиддонтæ дæр æвæры, закъонмæ гæсгæ цэс æмбæлы, уымæй къаддæр. Зæгъæм, 45 проценты кæм æмбæлы, уым фидын хъæуы æрмæст 30. Уæдæ арæзтадон æрмæг æмæ хойраджы пролукттæ цæттæ кæныныл чи кусы, уыцы куыстуæттæ та бынтон сæрибар сты фиддонтæй. Нæ бæстæйы цы царды уавæртæ уыди, уыдон нæ уагътой рæзын ацы хæйзарады хуыз, ома гыццыл куыстуаеттæ. Афтæмæй уыдонæн ис стыр проктикон нысаниуæг, уыдон бон V адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæ- нын. А. Г. Ковицкий æмæ В. А. Демёнцов куыд фыссынцг афтæмæй ацы 126
гыццыл куыстуæттæн ис стыр фидæн—егъау куыстуæттимæ абаргæйæ сты бирæ арæхстджындæр, хуыздæр уынынц æмæ хуыздæр зонынц, адæмы æхсызгондæр цы хъæуы, уый. Сæ бон хуыздæр спайда кæнын у бынæттон хомзгæ>. дæр. . Гыццыл куыстуæттæ арæзт цæуынц, раздæр цы куыстуæттæ уыд, уыдон техникон æгъдауæй гæрзифтонг кæнын æмæ реконструкци кæныны руа- джы. Арæзт цæуы ног куыстуæттæ дæр паддзахады, кооперативты хæрдз- тæй, стæй гыццыл куыстуæтты рæзты дунеон центры хæрдзтæй. Афгæмæй базарадон ахастыуы дуджы æнæ фæзынгæ нæй ног куыстадон коллективтæн. Коллективы нымæц аразгæ уг цы куысты лæуд уа, уымæ гæс- гæ. Зæгъæм, кæд индустрийы куыстуат уа, уæд кусджыты нымæц хæццæ кæндзæн 200 лæгмæ, кæд зонадон куыстуат уа, уæд—100 с(дæймагæй уæ- лæмæ нæ хъæуы. Базарады хъуыддагыл хæс4 куьг уа, уæд та фылдæр-фыл- дæр 15 адæймаджы æмæ афтæ дарддæр. Закъон куыд амоныг афтæмæй куысты уавæртæ æмæ куысты мызд бæлвырдгонд цæуынц куыстуатæн йæхи мидæг. Паддзахад сыл фиддонтæ цы æвæры, æндæр сæм ницы бар дары. Уымæ гæсгæ уыцы куыстуæтты коллективтæн ис бирæ гæнæнтæ, æмæ чи куыд арæхсы, афтæ пайда кæны йæ гæнæмтæй. Афтæ сты йæ куысты æнтыстытæ дæр. Куыстуæттæн раза- монæг хицауад хъуамæ уаг сæхæдæг кæй равзарой, ахæм. Ныры фæллой- адон коллективты советты æнгæс. Закъон куыд амоны, уымæ гæсгæ куыстуатмæ ис фæрсаг адæмы рай- сæн. Афтæмæй фæзындзæн æххуырст адæм. Уьгдон сæ уавæртæ аразынц, куыстмæ сæ чи райса, уыимæ иумæ баныхасгæнгæйæ. Фæлæ уæддæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ фæзына, æ1схуырст адæмы бартæ хъахъæд кæм цæуынц, ахæм закъонтæ æмæ уагæвæрдтæ. Зэкъæттæ æмæ уаг- æвæрдтæ. Закъæттæ æмæ уагæвæрдтæ та хъуамæ амониккой, æххуырсты- тæ æппынкъаддæр цас хъуамæ уой, цы уавæрты сын не^ ’мбæлы кусын, социалон æгъдауæй куыд хъахъæд цæудзысты, стæй сæ пенсийы хъуыд- дæгтæ. Худындзæг ЦÆРУКЪАТЫ ТАЙМУРАЗЬ САТИРИКОН ÆМДЗÆВГÆТÆ æ ^- * Нæ цард къæппæг у, мæгуырдзинады ахстон, Хъæздгуытæ нын нæ тыхстдзинадыл худынц. Нæ царды уаргъ æз раздæр рогæн хастон, Ныр æргъты уæзæй зæнгтæ цудынц.
æ &# О, уастæн, уат уæ бонæй!— Иу хицау уырыйæ давынмæ фæфыддæр, Йе ’ххуысгæнджытæ — йæ цотг йе ’фсымæр, йæ фыд дæр, Сæ куыст кæнынц æхсæвæй-бонæй. # Ж Я Цæрæнбонты «пысылмон дæн», фæкодта, Фæлæ йæхицæй фылдæр та хуыйы фыд ничи хордта. " &## Доны æнгуырæй дарæм, Фæлæ кæсаг нал ахсæмг Уæлæмæ тъепа дæр нæ исæм. Нæ цард ысмæгуыр... Уый тыххæй стыр бузныг — Гайдарæн Æмæ Бурбулисæн. Сæ фæрцы æххормаг, цардхъуаг кæй стæм, Уый тыххæй сыл цæрæнбонты «Зарæг» кæнлзыстæм. 8 # Я Æз дæр уыдтæн партийы уæнг, Ныр æй хатын: Алы къахдзæфы дæр мæ сайдта, Сæфта адæймаджы æууæнк Уыцы дæлимон, хæйрæг, сайтан... #- # # Дæ куыст, дам, дон, дæ куысты алцы дæр æмбар. Гъе, уæд дæм къаддæр хаудзæн маст. Слестгæнæг гæртам куы ’рбалухта дзæвгар, Уæд дазæг дæр «сраст». # # # О, мах дæр не стæм стырзæрдæ кæд стихтыл, фæлæ... Лæг куыд нæ бафта ахæм заман дисты дæр: Йе ’мдзæвгæтæ йын кæсæг нæ уыд Æмæ-иу сæ каст йæхæдæг уынджы тигътыл, Суанг ма... хисты дæр... # * & «Йæ фыстытæ æппæтæй дæр æнæуд, тутт ысты», — Афтæ адæмон фыссæгыл адæм худтысты. & п# Тæрхъус нал урæдта йæ маст, Хицау — домбайыл кодта хъаст, Фервæзын, дам, мæ кæнут мæ зынæй... Уæлдæр хицауад-иу хъæстыты сæ къух æрфыстой Æмæ сæ Домбайæн йæхимæ æрвыстой. Домбай дæр уæд йæ хин миты сраст, Тæрхъус та баззад зылынæй...