Теги: журнал   мах дуг  

ISBN: 02064162

Год: 1993

Текст
                    3'93
Сгэйраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЫ Гæстæн
ГУСАЛТЫ Барис (бæрнон
секретарь)
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЁМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. рсдактор Кокойты Эльзæ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


НОМЫРЫ ИС: Дзасохты Музафер. Мысыры сыджыт. Повесть , $ Кокойты Эльзæ. Мæ рыст уды хъарæг. Æмдзæвгæтæ 58 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Агъниан. Æмбисæндтæ, таурæгътæ, зонды ныхæстæ, æцæг хабæрттæ §2 Хуыгаты Сергей. Фыдыуæзæджы хъарм. Æмдзæвгæтæ 85 Леонтий Стедер. Бонычиныг 91 КРИТИКÆ ÆМÆ БИБЛИОГРАФИ Мамсыраты Мурат. Гитлер Хърупсмæ æрбадзырдта?.. . \оу Учредители: СП СОССР, СОИГИ и коллектив редакции: Сдано в набор 3.02.93. Подписано в иечать 16.06.93. Формат бумаги 60х90'/|б. Бум. тип. № 3. Гарн шрифта литературная. Печать высокая, Усл. п. л. 7,2, Усл. кр. отт. 7,37. Учетно-изц. лчстов 7.48 Тираж 5000 экз. Заказ № 60. Цена 2 руб. Лдрес рсдакции- 362040, г Влаяикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-06, 3-09-62г 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журнальная тинографня Госкомн- тета СОССР по дслам издательств, ио- лиграфии и книжнон торгонли. 362015,, г. Владикавказ, пр. Коста, 11. © Мах дуг № 3, 1993
ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР МЫСЫРЫ СЫДЖЫТ* Повесть — Адæм куы рахæлиу сты, — дзырдта дарддæр Элмиæ, — уæд ме ’мбалимæ пæ фæдыл рацыд, уæхимæ, дам, дæ бахæццæ кæион. Хæстæг цæрæм, зæгъгæ йæ нæ рауагътон. — Элинæ, де ’мбæлттæ кæрæдзийы фæдыл диссертацитæ хъахъæнынц. Кæй фæдыл дзы нæ ацæуыс, ахæм нæй, уæдæ сын æххуыс дæр кæпыс. Уæд дæхæдæг диссертаци цæуыннæ фыссыс? — Цы зæрдæйæ? Уæлдайдæр — ныртæккæ, мæ хъуыдытæ иууылдæр дæупмæ баст куы сты, уæд? Ныртæккæ мæ диссерта- цитæ-йеддæ не ’ндавынц. Мæпæ ды мæ цуры кæй дæ æмæ дып дæ пыхас кæй хъусыи, уый мæнæн дун-дунейы диссертацитæй зынаргъдæр у. Былгæроны бæрзоиддæр къуыбырæй ракастыстæм. Горæты цырæгътæ лыстæг стъалытау тыбар-тыбур кодтой. Мæй арвыл дзæвгар суади æмæ, цы денджызы райгуырди, уымæ кæсынæй пал æфсæст. Цыма бæрзонддæрмæ куы схиза, уæд æм хуыздæр разындзæи, уыи хуызæн уыциу рæстæг кæсгæ дæр кодта æмæ цæугæ дæр. Къуыбырæй фæстæмæ раздæхтыстæм. — Дæуæп пæ зонын, — сдзырдта Элинæ, — фæлæ æз мæхн- п.æй бузныг дæн. — Цæмæй? — Ардæм кæй æртахтæп æмæ дæ цуры кæй февзæрдтæи, уымæй. — Мæнæп дæуæй къаддæр æхсызгон нæ уыд. Бпльярдæй хъазын, уый та дын чи загъта? — Къæсæрыл чи бадт, уыцы сылгоймаг. Хъазыс, уый иæ зыдта, фæлæ, дам-ма пæ уым феы. — Куы дæ ауыдтон, уæд, цы фæдæн, уый нал базыдтон. Кæп- мæ хъазыдтæн, уыцы лæппуйæн зæгъгæ дæр иицы кодтоп, аф- тæмæй йæ фæуагътоп. — Бамбæрстапд дæ. — Райсом дзы хатыр ракурдзынæн. * Райдайæн журнал «Мах дуджы» 1—2 номырты. 3
Нæ ных комкоммæ фысымуатмæ сарæзтам. Элинæ дæгъæл райста æмæ лифты абадтыстæм. — Абон мæм райсомæй дæр билет нæма уыд. — Нæхимæ та кæд дзырдтай? — Дысон. Райсомæй мын ничи дзуапп радта. Бæди мын, Хъырыммæ ацыди, зæгъгæ, куыддæр загъта, афтæ мæ хицаумæ бадзырдтон æмæ дзы мæ уæлдай бонтæ ракуырдтон. Абон сæу- мæрайсом та аэропортмæ ацыдтæн. Билеттæ дзы, кæй зæгъын хъæуы, нæ уыди æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдтон, кæд исчи йæ билет фæстæмæ раттид, зæгъгæ, æмæ æппынфæстаг мæ амонд ацыд. Ну сылгоймаг дыууæ билеты æрбахаста æмæ дзы иу мæы фæци. Ныр уыдæттæ фæсте аззадысты. Афтæ мæм кæсы, цыма ам рагæй дæн æмæ фæстæмæ нæхимæ тагъд нал ацæудзынæн. — Æмæ дæм раст кæсы. Аст боны гыццыл хоныс? — Бирæ кæд уаиккой, уый зоныс? Ды мемæ куы нæ уаис, уæд, фæлæ мын дæуимæ цæсты фæныкъуылды бæрц йеддæмæ не сты. Иу боп уал дзы аивгъуыдта, æмæ йæ зонгæ дæр нæ бакод- тои — Нæма аивгъуыдта. Нырма дзы æнæхъæн дыууæ сахаты ис. — Нæ фæлæ нæхимæ бадзурон, кæннод мæм мамæ æнхъæл- мæ кæсдзæн. Элиыæ йæ дзабыртæ аивта æмæ уыцы рог уадæй мæ цуры æрбалæууыд. — Цыма дæхи хæдзары дæ, афтæ дæм кæсæд, — йæхæдæг Ленииград телефонæй заказ скодта. — Цæуыл æрæыкъард дæ? Æвн дæ фысым дæ зæрдæмæ ыæ цæуы? — Мæ фысым мæ зæрдæмæ куыд цæуы, уый дын æз ныртæк- кæ равдисдзынæн! — Æгæр хъæрæй ма дзур, ыыхас æддæмæ хъуысы. Элинæйы цурмæ бацыдтæы, йæ цæнгтæ йын мæ уæхсчытыл æрæвæрцтоп, пæ астæуыл ын мæ къухтæ æрбатыхтон æмæ йæм комкоммæ иыккастæн: — Цымæ дæ цæстытæ цы зæгъынмæ хъавыпц? — Æиæ зæгъгæйæ йæ нæ зоныс? — Зопыы, фæлæ кæд, мыййаг, рæдигæ кæнын? — Нæ рæдийыс. Уыцы цæстытæ дæу пикуы фæрæдийып кæн- дзысты. Стæй дыл хинæй дæр никуы рацæудзысты, уымæп æмæ дæ сæ хицау йæхицæй фылдæр уарзы. — Йæхпцæй фылдæр? Афтæ дæр вæййы? — Æрмæст афтæ вæййы. (— Уæдæ уал цæстытæн — фыццаг ба. Дыккаг ба та — уыцы диссаджы пыхæстæ цы былтæ загътой, уыдоиæн, æртыккаг ба... Телефоны дзæнгæрæг райхъуыст. Элинæйы уадзынмæ нæ хъа- выдтæн, фæлæ мып лæгъстæ кæныпмæ фæци, куы иæ пæ сисоп, 4
уæд мæ мад фæтæрсдзæн, зæгъгæ, æмæ йæ суагътон. Адзырдта йæ мадимæ. — Ныр æнæмæтæй бафынæй уыдзынæн! — телефон æвæргæ- йæ сдзырдта Элинæ. Иæ цурмæ бацыдтæн æмæ йын йæ сины сæртыл мæ къухтæ æрæвæргæйæ загътон: — Æртыккаг ба та кæнын... ахæм уарзон зæрдæ цы риуы тæлфы, уымæн... Элинæйы мæ хъæбысы систои æмæ йæ диванмæ бахастон. Мæ хъæбысы баззади, афтæмæй æрбадтæн. — Ды дæр-ма мын иу хатт аба кæн,— бадзырдтон ын йæ хъусы. — Нæ зонын. — Куыд зоныс, афтæ. Элинæ йæ былтæ мæ былтыл андзæвын кодта. — Уый ба нæ хуыйны. — Æндæрхуызон нæ зопын. — Ахсæв ам баззайон? — бадзырдтон та йын йæ хъусы. — Куыд дæ фæнды, афтæ. — Дæу куыд фæнды? — Нæ зонын... — Нæ тæрсыс? — Дæуимæ нæ тæрсын. — Æппындæр? — Æппындæр. — Уæдæ нал цæуын... . Бон цъæхтæ кæыын куы райдыдта, уæд фехъал дæп. Элинæ, цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уый хуызæн мыл йæ цæнгтæ атыхта æмæ мыи мæ хъусы æрбадзырдта: — Мæ ахсджиаг... — Куыд раджы райхъал дæ? — фæлмæндæр иæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй йæ бафарстон æз. — Æз æппындæр пæ бафынæй дæи. — Цæуыннæ? — Мæгъа. — Фæсмон кæныс? — Нæгъа. — Мæсты та? — Кæмæ? — Мæнмæ. Элинæ та мæ йæ хъæбысы æрбакодта. — Дæумæ та цæуыл? Мæсты куы кæнин, уæд мæхимæ кæнин, фæлæ мæхимæ дæр нæ мæсты кæнын. Ацы дунейыл мæнæн дæ- уæй зынаргъдæр ничи ис, стæй мып ардыгæй фæстæмæ дæр нн- чи уыдзæн æмæ мæм цыдæриддæр ис, уыдон хъуамæ дæуæн рац- 5
тон. Уыцы хъуыдымæ æз фидарæй æрцыдтæи. Мæ намысы раз пицæмæй къæмдзæстыг дæн. Гадзрахатæй йыл нæ рацыдтæн. Уæдæ мæ уый дæр ницæмæй рахъаст кæидзæн, уымæн æмæ, цы зоплыл хæст уыдтæн, уымæй иуфарс пæ ахызтæи, мæ, цард цы бындуртыл æнцад, уыдонæй иу дæр нæ фезмæлыд. Кæд ды, мый- наг, истæуыл фæсмон кæныс? — Азым мæм никуы хæсдзынæ? — Ууыл æппындæр ма хъуыды кæн. Цы ’рцыдн, уый мæхи фæпдæп æрцыди. Аххосджыптæ агурын æндæр рæтты хъæуы. Азым мæхимæ дæр никуы æрхæсдзынæн, уымæн æмæ мæхи раст хонып. Гъер дæ бауырныдта, ныропг дæу йеддæмæ кæй иикæй уыдтæн, уый? — Ууыл æз дызæрдыг нæ кодтон. — Уæдæ ардыгæй фæстæмæ дæр кæй никæй уыдзынæн, уый дæр дæ бауырнæд. — Цæмæйдæр дæ бафæрсип æмæ дæ зæрдæмæ куыпæ фæ- цæуа... — Ды мæ куы фæрсай, уæд мæ зæрдæмæ куыииæ хъуамæ фæ- пæуа? — Æри-ма дæ хъусы дын æй зæгъон. Элинæ мæм йæ хъус æрбадардта. — Сывæллон дын куы уа, уæд та? Элинæ ницы сдзырдта. — Нæ фехъуыстай? — Фехъуыстон. — Æмæ? — Æз алцæмæ дæр цæттæ дæн. Куы уа, уæд йæ фæндагыл пе ’рлæудзыпæп. Хорзæй, æвзæрæй — мæхицæн ахæм фæндаг рав- зæрстон. Æпцон мын нæ уыдзæн, уый зонын. Ахæм сывæллон куыпæма рапгуыры, уæд дæр йæ мады размæ бирæ цæлхдуртæ слæууы, фæлæ æз уыцы зындзинæдты сæрты ахизынмæ мæ иыфс хæссын. Уыдзæн, нæ уыдзæн, уый нырма бæрæг дæр нæма у. Фæрсыс мæ æмæ дын æрмæст дæ фарстæн дзуапп дæттын. Уæз- зау уаргъ райсынæй пæ тæрсын, уымæн æмæ сывæллон куы уа, уæд дæ сывæллон уыдзæп. Уыцы гыццыл муры дæ миниуджытæ* де ’нгæс уынын та уæлахиз кæндзæп мæ кæцыфæнды зындзина- дыл дæр. — Кæд, мыййаг, нырма афтæ хъуыды кæпыс?.. — Æз абои куыд хъуыды кæнын, райсом дæр афтæ хъуыды кæпдзыпæн. Уый бæрц мæ нæма базыдтай?! Ноджыдæр-ма дæ иу хатт курын: дæхимæ мацы азым хæсс. Сывæллон уа æви нæ.уа, у^сддæр æз дæу пикуы ницæмæй бахъыгдардзыпæн. Куы зæгъын, мæ риуы цы зæрдæ тæлфы, уый ахæм хъуыддæгтæй уæлдæр лæу- уы... Элинæйы пыхæстæ раст рауадысты. Аст боны куыд агæпп лас- той, уый зонгæ дæр иæ бакодтон. Фæстагмæ Элпиæ æрæпкъард. 6
— Дæ цурæй мæ мæ къах нал хæссы, афтæмæй райсом фæхи- цæн уыдзыстæм. ’ — Цæмæй йæ зоныс, уæд та къæвда уардзæн æмæ хæдтæх- джытæ нæ тæхдзысты? — Бæргæ куы нæ тæхиккой. — Дæ куысты дæм цæмæй хæцой, уый дæ фæнды? — Дæуимæ иу бон фылдæр фæуыны тыххæй æз цыфæнды æфхæрд райсыиыл дæр сразы уаин. — Æндæр хатт та фембæлдзыстæм. — Чи зоны, уæдмæ æз æгас нал уыдзынæн... Фæлтау-ма мæ, фароп æвддæсæм июны цы бæлæстæм схызтыстæм, уыдон цурмæ схон æмæ ма уырдыгæй иу хатт ракæсон. . Элииæ мыи цалдæр хатты ракодта бæрз бæлæсты кон æмæ-иу æз алы хатт дæр ныхас æндæрырдæм аздæхтон. Нæ мæ фæндыд «йæ бæлас» афтæмæй куы федтаид, уый, фæлæ та ногæй сæ кой куы ракодта, уæд æнæцæугæ нал уыд. — Цыма зивæг кæныс, афтæ мæм кæсы... — Нæ зивæг кæнын. Кæд дæ фæнды, уæд ныртæккæ дæр цом. — Элинæ мæ хъуырыл атыхсти æмæ мын мæ русæн аба кодта. — Цом! Бæлæсты нурмæ куы схæццæ стæм, уæд Элинæ фæфыдæн- хъæл. Бæрз бæлас æрдæгфæлдæхтæй куы ауыдта^, уæд уыцы æикъардхуызæй загъта: — Æвæццæгæн, «мæ бæласимæ» нæ хъысмæттæ иухуызон сты. — Иу уарзондзинад дæ дыууæйы фаг куы у, уæд нын иу бæ- лас не сфаг уыдзæн? — Мæгъа... Дыууæйæ дæр «мæ бæласмæ» схызтыстæм. — Цы рæсугъд у! — фæхъæлдзæг Элинæ. — Иумæ цал цъæхы баиу сты: арвы цъæх, денджызы цъæх æмæ пæзты цъæх. — Фæлæ дзы уæддæр арвы цъæх æмæ депджызы цъæхæн æмбал иæй. — Кæрæдзиуыл кæй баныхæстысты, уый тыххæй? Элипæ мæм æрбакаст. Цы зæгъынмæ хъавыдтæн, уый дзæбæх пæ бамбæрзта æмæ йæ цæстæнгасæй домдта, цæмæй мæ хъуыды кæронмæ загътаин. — ...мах хуызæн? Элинæ мæ къахæй сæрмæ сбарста, стæй та йæхимæ æркаст. — Мах кæрæдзиуыл нæ баныхæстыстæм, фæлæ бæласмæ фæйнæрдыгæй нæхи æнгом нылхъывтам. — Омæ пæ уæддæр бæлас нæ иу кæны? Стæй ныртæккæ æз дæ къалиумæ куы бахизон, уæд нæ бæласы сæр дæр пал хъæу- дзæн. 7
— Ма кæ, ахаудзынæ!.. Нæ йæм байхъуыстон. Дæлдæр къалиумæ æрхызтæн, уырды- гæй иннæ фарсмæ баирвæзтæн æмæ, Элинæ цы ставд къалиуыл лæууыд, уырдæм схызтæн. Дыууæйæ дæр иу къалиуыл лæууыды- стæм, хæцгæ дæр иу къалиуыл кодтам. Æз мæ галиу къух суагъ- тон æмæ дзы Элинæйы æрбахъæбыс кодтон. — Ныр дæр нæ баныхæстыстæм? — Хауæм? — Баныхæстыстæм æви нæ? — Баныхæстыстæм! Фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд нæ фæндаг денджызы был- ты ракодтам. Уый дæр Элинæйы фæндыди. Æргом дзургæйæ, мæ- хи дæр фæндыди, фæлæ мæ хъуыды зæгъын нæ бауæидыдтæн, уымæн æмæ зыдтон, адæймаг цæуыны размæ куыд тыхст вæййы, уый. Дæларм-уæларм хæцын ахуыр нæ уыдтæн, æмæ-иу мыл Эли- нæ куы ’рхæцыд, уæд-иу мæ къух æрдæгтастæй дарынæй афæл- лад. Элинæйы бафæндыд иу æхстæй дыууæ тæрхъусы амарын. Иуæй, мæ къух къæдзæй хæссынæй фервæзын кодтаид, иннæмæРг та йыл, æз куы хæцыдаин, уый йæм хуыздæр каст æмæ мын аф- тæ: — Нæ фæлæ-ма мыл ныр та ды хæц, кæннод афтæ уайы, цьша мæ ды хъæуыс, æз та дæ нæ хъæуын. — Табуафси. — Куы иикуыал фембæлæм, уымæй тæрсын, — загъта Элннæ. — Райдыдтай та! Цæмæн дæм афтæ кæсы? — «Нæ бæлæстæй» иу кæй акъул, уый хорзыл дзурæг уа, уый æнхъæм нæ дæи. — Ма мæ худын кæн. — Дæуæн худын у. — Дæуæн дæр хъуамæ худын уа. Хур кæсы, депджызы уылæн- тæ дæ къæхты бынмæ" лæбурынц, дæ уарзон лæппу дæ фарсмæ цæуы... Элинæ фæстаг ныхæстæм йæ мидбылты бахудт, йе уæхскæй мæ фæлмæн æрбасхуыста: — Мæ уарзон лæппу мæ фарсмæ кæй нал цæудзæн, мæ зæр- дæмæ хуры цæст уымæп нал кæсы. — Уæдæ мæ уарзои чызджы уарзон лæппуйы хабар дæр аф- тæ куы у, уæд цы чындæуа? — Дæуæн цыфæндыйæ дæр æнцондæр у. Дæуæн æнæ мæн дæр дæ бон цæрын у. Мæнæн та æнæ дæу — нæу. Элинæйы æнкъард хъуыдытæ асурынмæ хъавыдтæн, фæлæ* мын нæ бантыст. Фысымуаты дуарæй уыцы ’нæвæндонæй бахызт.. Райсомæй аэропортмæ иумæ ацыдыстæм. Цыма йæ æцæгæй- дæр, раздæхæп кæцæй нал ис, ахæм ранмæ фæндараст кодтон, 8
уый хуызæн æрæнкъард. Иу сахатмæ æввахс, мæ къухыл хæцыд,. афтæмæй фæрацу-бацу кодтам. Хæдтæхæг куы стахт æмæ арвыцъæхы куы атад, уæд мæнмæ * дæр бахъардта, куыд иунæгæй баззадтæн, уый. Мæхи цы фæкод- таин, уый нал зыдтон. Изæрдалынгты мæхи денджызы былмаг райстон æмæ, фæстаг аст боиы æрвылизæр мæхи амондджын кæм’ æнкъардтон, уым иунæгæй рацу-бацу кодтоп. Мæ хъуыдытæ иу- уылдæр уыдысты Элинæимæ. Цæмæдæр гæсгæ мæхи йæ цуры ах- хосджын хуыдтон. Мæ сæйраг аххосыл нымадтон, йæ аккаг кæй нæ дæн, уый. Уыциу рæстæг ын кодтон тæригъæд дæр, йæ аккаг кæй нæ дæн, уый кæй не ’мбæрста, уый тыххæй. Элинæ ацыд, фæ- лæ, йæ фæлгонц баззад. Баззади йæ сыгъдæгдзинад, йæ улæфт,. йæ ныхас, йæ рухс. Бирæ ныхæстæ фæкодтам кæрæдзийæи. Иу нæ иннæйы кæй æмбæрста, ныхас ууыл нæ цыди. Иуæй-иу хатт- иу нæ дзурыны сæр дæр нæ хъуыди. Цæстæнгасæй дæр кæрæдзи- йы æмбæрстам. Элинæ! Ды ацыдтæ, æз баззадтæн. Дæумæ цæмæидæр гæс- гæ афтæ кæсы, цыма нæ фæхицæн дæуыл тынгдæр фæзынд, зын- дæр дын’уыд, дæ зæрдæмæ йæ арфдæр айстай. Фæлæ уый аф- тæ нæу. Демæ цы амонд æрхастай, уый мæм дыууæ хатты стыр- дæр куы фæкаст, уæд æй систай æмæ йæ ахастай. Дæхицæп æй’ бакъаддæртæ кодтай нæ зæгъын, фæлæ йæ, æвæццæгæп, нæ дыу- уæмæ дæр нал зынд, ахæм ран чйдæр сæвæрдта. Ды куыд бæл- лыс йæ уындмæ, æз æм уымæй къаддæр нæ бæллын. Ды мæнæй> фæзæгъыс, фæлæ æз дæумæ азым никуы ницæмæй æрхæсдзы- нæи. Дæ уды сыгъдæгдзинад кæрæй-кæронмæ зыны нæ ахаст-- дзинæдты сыгъдæгдзинадыл дæр. Иу рæуæг ми дæм иæ раиртæс- тон. Мæнгарддзинад цы у, уый зонгæ дæр нæ кæныс. Цы дзурыс æмæ цы кæныс, уыдон кæрæдзийæн тугхæстæг æййафынц, иу дзы иннæмæ æцæгæлон никуы фæкаст. Дæхи зæрдæ де ’вдисæн: æз дæр дыл хинæй никуы рацыдтæн. Дæуæй исты бамбæхсыныл ни- куы бацархайдтон. Цы хъуыды кодтон, уый дзырдтон. Рæдигæ чи нæ кæны, ахæм нæй. Æмæ кæд истæмæй фæрæдыд- тæн, уæд мын æй ныххатыр кæн. Кæд дæ æнæрхъуыдыйæ баф- хæрдтон — уæд дæр. Иуæй-иутæ зæрдæтæ æвæрып бирæ уар- зынц, иннæтæн та æхсызгон вæййы, зæрдæтæ сып чи æвæра, уы- донмæ хъусын. Æз нæ уарзып искæмæн зæрдæтæ æвæрын. Мæ- хицæн мып чи февæры зæрдæтæ, уыдон дæр мæм кадджыи не: сты. Æмæ дæ уый тыххæй дæр хатыр курын. Сылгоймаг нæлгой- магæй тынгдæр уарзы, зæрдæтæ йын куы февæрыпц, уый. Æргом дæ никуы ницы фехъуыстон, фæлæ ды дæр, чи зоны, уарзыс зæр~ дæтæ æвæрын. Æз дын никуы ницæмæй бавæрдтон зæрдæ. Æмæ мæм цыма уый тыххæй нæ фæхæрам дæ, афтæ мæм кæсы. Дзырд фæсайыны бæсты мæм æнæдзургæйæ лæууын хуыздæр каст... Ды ацыдтæ, æз баззадтæн. Чи зоны, цæмæй æппындæр ма-- куыуал фембæлæм, уый тыххæй. Чи зоны, æмæ-ма фембæлæм. 9
’Чи зоны, нæ иу фембæлды фæстæ цæрæнбонты макуыуал фæхи- цæн уæм. Ме уæны кæсын нæ зоныи. Фæлæ уæвæн алцæмæн дæр ис. Тæккæ тынгдæр цæмæй тæрсын, уый куы ’рцæуа æмæ дæ адзалы бонмæ иу хатт дæр куы никуыуал фенон, уæддæр мæ уды цæргæйæ баззайдзынæ, мысдзынæн дæ рагуалдзæгау, мæ зæрдыл дæ дардзынæн адджын фынау. Мæ зæрдыл дæ ныхæстæ æрлæууыдысты. Нæ базынды фæ- гстæ кæцыдæр дугæй фæстæмæ цæмæндæр гæсгæ, цыма ды мæн фылдæр уарзыс, афтæ нымадтай. Æз дæ ныхмæ хъæддых никуы æрлæууыдтæн, уымæн æмæ зондджын адæмæй иу афтæ загъта, .йæхи растгæнæг, дам, æмбисаххосджыи у. Æз та мæхи аххос- ^джын ницæмæй хуыдтон æмæ мæ рæстдзинады сæрыл никуы ра- хæцыдтæп. О, æмæ уый дзырдтон. Иуахæмы та нæм уарзондзи- нады кой рауад æмæ мын ды афтæ зæгъыс: «Мах баиу уæм æви нæ, уæддæр дæ æз кæддæриддæр уарз- дзынæн. Куы базæронд уай æмæ æппындæр куы никæй уал хъæ- З^ай, уæддæр-ма мæн хъæудзынæ!». Æз та дын æндæрхуызон зæгъынмæ’хъавын: — Цыфæнды зæроид куы бауон, уæддæр мæ ды никуы ферох уыдзынæ. Цалфæнды азы мыл куы рацæуа, уæддæр мæ, дæуимæ цы бонтæ арвыстон, уыдои зæронд кæнын нæ бауадздзысты. Цы- фæнды карджынæй дæр-иу дæ фæрцы æрыгон фестдзынæн æмæ- иу уарзондзинады базыртыл, дыууæйæ амондджын кæм уыды- ■стæм, уыцы бæстæмæ атæхдзынæн. X Балцæй æрбаздæхыны фæстæ мæхимæ бирæ цæмæйдæрты æндæрхуызои фæкæсын. Уæлдайдæр, дæргъвæтин рæстæг æддæ .куы фæвæййып, уæд. Цымæ цы адæмы зыдтон, уыдоп мæ фæ- дарддæр вæййынц, не ’хсæп цы ахастдзипæдтæ уыд, уыдоныл .зыиа-нæзына мигъ æрбады: Фæхицæны размæ дзы мæхи кæимæ куыд дардтон, уый бæргæ дзæбæх фæзонын, фæлæ мæ мæхи аф- тæ дарын цыдæр нал фæуадзы, арæхстгайдæр æмæ уæздандæ- рæй фæархайын. Цалынмæ фыццаджы ахастдзинæдтæ сæ гаччы сбадынц, уæдмæ мæ цалдæр боны бахъæуы. Хъырымæй сыздæхыны фæстæ дæр та раст ахæм уавæрыба- хаудтæн. Цы бæстæ, цы адæмы ныууагътон, уыдон, кæд куьЦæп пыууагътои, афтæмæй сæййæфтон, уæддæр фыццаджы хуызæп иал уыдысты, мæ ацыды размæ-иу сæ алы бон дæр уыцы иухуы- зонæй уыдтои. Фæсбалц дзы алчидæр цæмæйдæр аивта. Уыцы ивддзинæдтæн цæстæй раиртасæн нæ уыд, адæймаг сæ хатыдта цавæрдæр æбæрæг æнкъарæпы фæрцы. Редакторимæ фембæлд дæр мын цыдæр æнахуыр рауади. „Хъырымы уыдтæп, уый йын æнæхъæн мæйы дæргъы исчи æнæ- 10
зæгъгæ куыннæ фæуыдаид, æмæ мæ джигулгæнæгау акъахта: — Æнхъæлдæн, æмæ дзы цæуылдæр фæхæст дæ? Ахæм ныхæстæ-иу уымæй размæ дæр кодта æмæ йæм пикуы ницы хъус æрдардтон, ныр та мын цыма мæ хабæрттæ иууылдæр .зыдта, уый хуызæн йæ фарстæй фæтарстæн æмæ цыфæнды. дзуапп куы раттаин, уæддæр ыл фæгуырысхо уыдаид, афтæ мæм фæкаст æмæ æрмæст мæ мидбылты бахудын хуыздæрæн рав- зæрстон. — Хæлæг дæм кæнын, иу мæй ацы æррадонæй чи фервæзт. — Ды дæр баулæфдзынæ. — Ацы мæй хъуамæ ацыдаин æмæ Дзæпсы тыххæй баззад- тæн. — Цæмæи Дзæпсы тыххæй? — Нæ хабæрттæ нын нæ фехъуыстай? Ау, Дзæпс нæ фæхуди- паг кодта, уый дын ничима радзырдта? — Ницы фехъуыстон. — Саудоны хойраджы комбинатмæ фæцахуыр. Кæс æмæ та- иу Саудоны балæууыд, кæс æмæ та-иу Саудоны балæууыд. Кус- джытæй мын чидæртæ бæргæ дзырдта, — Дзæпс уырдæм дзæ- гъæлы нæ цæуы, зæгъгæ, фæлæ бæлвырд куы ницы зонай, уæд зын дзурæн у. Иу хатт ын зæгъгæ дæр кодтои, уырдыгæй æр- мæг æгæр арæх дæттæм, зæгъгæ. Мæ ныхæстæ ницæмæ ’рдардта. Мæнæй та уыцы хъуыддаг ферох æмæ нæ цалынмæ фаджысы нæ нытътъыста, уæдмæ нæ ныууагъта. — Цы бакодта уагæр? — Комбинаты директоримæ кæрæдзийы бамбæрстой æмæ Дзæпс газеты йæ хорзы кой кодта, уый та йын йæ машинæйы æвгæдта. Ивгъуыд æртыццæджы дæр та — æз уыцы бон мард- зиæ уыдтæн — редакцийы машипæйы абадт æмæ Саудоны балæу- уыд. Директоримæ та фембæлд. Цы бæрæггæнæитæ нæ хъуыд, уыдон райста æмæ та фæстæмæ дзаг машинæйы рафардæг. Ди- ректор ып йемæ нывæрдта иу асыкк спъирттæй дзаг æвгтæ, ну асыкк дон, дзидзайы тыхтон, тахынæг. Сæ дуармæ куы ’рбалæууыдысты, уæд æм йæ уæзæгтæ дыккаг уæладзыгмæ хæссынмæ шофыр дæр фæкаст. Иæ «куыстæн» ыч спъиртты авг æмæ тахыиæджы лыггаг лæвæрдта, фæлæ сæ нæ райста. Дыккаг бон куы фембæлдысты, уæд ын Дзæпс афтæ зæ- гъы, дæ машинæйы, дам, ме спъиртты асыччытæй иу баззад. Шо- фыр æм æнæуи дæр мæсты уыди æмæ-ма йыл спъиртты асыкк дæр куы ’рымысыди, уæд йемæ саубыны хыл фæци. Æнæхъæи редакцийы кусджытæ сæм æрыхъуыстой. — Кæд дзы иу асыкк йеддæмæ нæ уыд уæд ма дыккаг цæ- мæн агуырдта? — Хуыцау йæ зонæг. Æвæццæгæн, директорæй дыууæ асыччы агуырдта, æвæргæ та йын иу скодта æмæ йæм афтæ фæкаст, цы- ма йæ шофыр бамбæхста. П
— Уый та йæ сæрæн ницы зыдта? — Уæдæ? Æмæ йыл ныммыхуыр кодта. — Кæдæм? — Нæхимæ, стæй партийы обкоммæ. Æрмæст нæхимæ куы* ныффыстаид, уæд-ма ницы кодта, фæлæ ныр’ бæстæ иууылдæр* сызмæста. Сабазджеримæ ахæм хъуыддæгтæ æвзарынæй хуыэ- дæр ницы кæсы. Уæддæр-ма хорз уыди, æмæ гæххæтт комкоммæ Сабазджерийы номыл фыст уыди, уæлдæр хицауадæй искæмæ* куы бахаудаид, уæд йæ цъæхахст тыигдæр арыдтапд. Куыддæр1 гæххæтт райста, афтæ мæм фæдзырдта. Бартхъирæн мæм кодта, мæнæ, дам, Борнæф фæзына — Мæскуыйы уыди — уый, дам, дæ* æрфæрсдзæни, редакцийы цавæр кусджытæ дарыс, уымæй. Мæ- хинымæр бацин кодтон, хъуыддаг Борнæфмæ бахæццæ уæд, æи- дæр уый Дзæпсы æфхæрын нæ бауадздзæн, зæгъгæ. Дзæпсы мæг мæ нæ уыди, фæлæ уæд мæхиуыл дæр рогдæр цæф æруадаид. Æцæгæйдæр, Борнæф куы ссыди, ’уæд та мæм Сабазджери1 ногæй фæсидти. Ацы хатт фæлмæндæр æвзагæй дзырдта. Бор- нæфимæ кæй фембæлд, уый-ма мып цы бамбарын хъуыд. Йæ куыстæй, дам, æй куы сисæм, уæд, дам, йæ бинонтæ цы фæуы- дзысты, фæлæ, дам, хъуыддаг исты хуызы ныссабыр кæнут, Дзæпсы мæ рæстæджы дыууæ хуызы бафхæрдтой. Хайадьг сæргълæууæджы бынатæй йæ снстой, фæхауд профцæдисон ко- митеты сæрдары бынатæй дæр. Цыма уыцы рæтты кусын аккаг чи пæу, уымæн ма дарддæр редакцийы кусæн уыд! —Карз æфхæрд ып рахастон, йæ хъуыддаг ын æвзæрстой парт- бюройы дæр. — Æмæ та хъуыддаг ууыл ахицæн? — Ахицæи, фæлæ мæ Сабазджери отпуск нал ауагъта. — Цæуыннæ? — Æфсои æй хъуыди æмæ уымæн. Редакцийæн, дам, ахæм заман æнæ хицауæй уадзæи нæй. — Цавæр заман? — Бафæрс æй! Хъомыладон куыст, дам, аккаг уавæры куьг уыдаид, уæд, дам, уæ ахæм хабæрттæ нæ райхъуыстаид. — Дзæпсы хуызæттæ кæм фæкусы, уырдыгæн ахæм хабæрт- тæ куынæ райхъуыса, уæддæр дзы уæвгæ уыдзысты. — Æмæ дæумæ дæр уый тыххæй хæлæг кæнын. Иу мæй ис- куы куы фæвæййын, уæд æндæрхуызон адæймагæй сыздæхын,. Ацы куыст Хъæвдын æррадон дзæгъæлы нæ фæхоны. Хъæвдын æцæгæйдæр уыцы ныхас арæх дзырдта. Редакцийы ракомкоммæ-иу куы ’рæмбырд стæм, уæд-иу нæ адджындæр ны- хаестаем бахæццæ стæм куысты рæстæг райдапын афонмæ. Хъæв- дынæй раздæр-иу йæ сахатмæ æркæсын пикæй зæрды æрæфтыд ч æмæ-иу æвиппайды афтæ фæкодта: «Æллæх, дæсæм сахат райдыдта. Цомут æмæ та уыцы æрра- допмæ схизæм»,.. 12
Габоци та-иу æндæрхуызон загъта. Уынджы аныхас кæиын -;йæ уд-йæ дзæцц кæмæи уыд, уыдонæй фараст сахаты хæдразмæ йæ бынатæй ннкуы ничи фезмæлыд. Сæ хабæрттæ кæнын-иу нæ ныууагътой .фараст сахатыл дæр. Дæсæм сахат-иу дзæвгар куы бакъахыр, уæд-иу Габоци цыппæрæм уæладзыгмæ скаст, адæ- мыл-иу йæ цæст а^хаста æмæ-иу уыцы æнæбарыгомау бафиппайд- -та: «Чидæр йæ хæрæгæн куыд загъта, дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, уæддæр дын ацы къуыбырыл æнæсхизгæ нæй, уыййау сымахæн дæр, цасфæпды куы дзурат, уæддæр уалæ уыцы бæрзондæй æнæ ракæсгæ нæй æмæ цомут». Адæм-иу уыцы æнæбары базмæлыдысты, æмæ-иу дзы цыма алкæй фæстæ дæр ставддæндаг похци баст уыд, уый хуызæн-иу куыдхистæрæй араст сты. Редактор цæмæндæр гæсгæ уыцы æмбырдты никуы архайдта. Фараст сахатæй раздæр æрбацæуынæй хуыздæр æм ницы каст, уымæн æмæ зыдта, иу бонæй иниæмæ æнæконд хъуыддæгтæн æцæбаззайгæ кæй нæй, стæй ма сыл сæумæрайсом дæр кæй бафты. Уыимæ йæм-иу кæдфæнды куы бацыдаис — куысты фæ- стæ кæнæ куысты агъоммæ — уæддæр-иу йæхи уæлдайхуызон никуы фæкодта. Фæлладхуызæй йæ никуы федтон, цыфæнды æр- мæг кæсынмæ дæр зивæг пæ зыдта. Уыцы мипиуджытæ йын мæ зæрдæмæ тынг цыдысты æмæ йæ фæстæдæр мæхæдæг дæр фæз- мыдтон. Æрмæг иомырмæ цæуа, ма цæуа, иуфарс æн никуы æрæвæрдтои. Цалынмæ-иу æй бакастæн, уæдмæ-иу мæ бынатæй .змæлгæ дæр нæ фæкодтоп, стæй йæ ме стъолыл дæр никуы ныу- уагътон. Мæхæдæг-иу æй йæ хицаумæ ахастон. Уыцы хъуыдда- гыл’ дæр редакторыл сахуыр дæи. — Нæ бæрæгбонмæ дæхи цæттæ кæпыс æви нæ? — сдзырдта редактор. , Цавæр бæрæгбопы кой кодта, уып иæ бамбæрстои æмæ йæ ныхасы фæбæлвырддæрмæ бапхъæлмæ кастæп. — Нæ газеты фыццаг иомыры рацыдыл дæс æмæ дыуунс- сæдз азы æххæст кæны, уый дæ ферох? — Æцæгæй йыл куы ’ххæст кæны дæс æмæ дыууиссæдз азы! Мæиæи мæ хъуыддæгтæ æдзухдæр афтæ вæййыиц, — фæсмонгæ- нæгау сдзырдтон æз. — Æз æндæр куыстмæ куы рацыдтæн, уæд •сымах та бæрæгбæттæ кæиып райдыдтат. — Ницы кæны, ды дæр иæ дард пæ ацыдтæ. Мах дæ уæддæр иæхиуыл пымайæм. — Дыууиссæдз азы йыл куы сæххæст, уый цыма хæрзæрæ- джы уыдис, афтæ мæм кæсы. — Ды дыууиссæдз азы кой кæпыс, фæлæ йын æз йæ дæс æмæ ссæдз азы бæрæгбои дæр хорз хъуыды кæнын. Уæд газеты æртæ азы æххæст пæма куыстон. Бæрæгбонмæ ^рагацау цæттæ кæныи райдыдтам. Сæрмагоид сæргопды бып мы- 13
хуыр кодтам газеты историйыл дзурæг æрмæг, фыстам йæ фыц- цаг редактортæ æмæ иннæ кусджыты, йæ фыццаг уацхæсджыты тыххæй. Ирои дзыллон газет кастысты канд нæхи бæстæйы на\. фæлæ фæсарæнты дæр. Уацхъуыдтæ-иу æм æрбарвыстой дард Америкæйæ дæр. Æппæт уыдæтты тыххæй фыстам нæ газеты. Уæлдай диссагдæр рауади бæрæгбон йæхæдæг. Редакторы фæн- донмæ гæсгæ æппæт кусджытæ сæ къам иумæ систой. Уыцы хуызист мæ размæ куы фæвæййы, уæд дзы мæ цæст нал фæисып. Цардыл хъуыдыты ахæсты бахауын. Æвæццæгæн, бирæ адæмы хуызистмæ кæсгæйæ æнæ афтæ уæвгæ дæр нæй. Цард дыууæ бо- пы чи рахуыдта, уый цыфæндыйæ дæр зондджын адæймаг уыди. Иу адæймаджы цард хицæнæй райсгæйæ цыма даргъдæр у, аф- тæ зыны, фæлæ бирæ адæймæгты цардыл хъуыды кæнгæйæ æп- дæрхуызон хатдзæгтæм æрцæуæн ис, уымæн, æмæ, рæстæг куыд згъоры, афтæ фæлтæртæ дæр кæрæдзийы бынатмæ цæуынц: лæппу лæг кæны, лæг — зæронд, зæронд... Уæды къаммæ кæсгæйæ дæр мæм ахæм хъуыдытæ æрцæуъь Мæпæй æрыгондæр дзы нæ уыди, æмæ æз дæр дæс азы хистæр фæдæн. Мæнæй хистæр чи уыд. уыдон дæр афтæ. Нæ хуыз иум’аг кæимæ систам, уыдонæй иутæ æндæр куыстмæ ацыдысты, иннæ- тæн сæ пенсийы афон æрхæццæ, æртыккæгтæ та... се ’нусои фæн- дагыл ацыдысты. Уыцы ивддзинæдтæ æрмæст дæс азмæ æрцы- дысты. Уалынмæ-ма ноджыдæр дæс азы куы рацæуа, стæй-ма. ноджыдæр уый бæрц... — Уæдæ нæ хуынтæ кæдмæ барæвдз кæнæм? — Ацы мæйы æртæ æмæ ссæдзæм бонмæ. — Æмбырд кæм уыдзæни? — Театры? — Æнæмæнг уыдзыстæм. — Хуынды гæххæттытæ дæр райсдзыстут. Искуы мæ мæ уарзон газеты бæрæгбоымæ хоныи бахъæудзæн, уый æнхъæл та кæд уыдтæп! Цалдæр хатты мæхи фæнд атæрыи бæргæ бафæрæзтон, фæлæ лæгмæ цы хъуыдытæ вæййы, уыдон алы хатт йæ коммæ нæ бакæсынц. Цард æмæ рæстæджы домæи- тæ хъуыдыйаг сты. Уыдон сæхи фæндæгтæм мæпæй тыхджып- дæрты дæр аздæхтой. Нæ бафæрæзтон æз дæр сæ ныхмæ лæууын, Сыстын мæ кодтой мæ зонгæ адджын бынатæй мæ уарзон адæ- мы æхсæиæй æмæ февзæрдтæн бынтои æиахуыр уавæры. Хуы- цау хорз, æмæ мæ зæронд куыст мæ фарсмæ уыди. Кæимæ^са- хуыр дæн, уыдоны алы бон дæр уыдтон. Сæ цинæй мæ æнæхан иаг уагътой. Æрвылбон сæ кæй уыдтон, æрмæст уый дæр мæ мæ- химæ хъусыныл никуы фæкодта. Сæ бæрæгбон дæр сып мæхи уымæн хуыдтон. Мæ куысты йæ æппæты фыццаг Викторæп радзырдтон. — Уырдæм не ’ппæтæн дæр цæугæ у, — бæрæгбоны хабар фехъусгæйæ загъта уый. — Дæу дзы радзурын бахъæудзæн. 14
Иуæй, редактор дæ, иннæмæй та дзы дзæвгар азтæ бакуыстайг æмæ фæсивæды номæй арфæйы ныхас ды куы зæгъай, уæд аив- дæр уыдзæн. . Арфæйы ныхæстæ ныффыссын никæуыл баууæндыдтæн-. Дзу- рынмæ мæхæдæг хъавыдтæн æмæ мæ искæй ныхæстæ кæсын гт фæндыд, стæй тарстæн, мæн куыд фæндыд, афтæ зæрдæбынæй загъд куынæ рауадаиккой, уымæй. Фæскуыст нæхимæ цæуыныл иæ батагъд кодтон. Мæ кусæн уаты мæхиуыл дуар сæхгæдтон •æмæ арфæйы гæххæтт фыссыныл æрбадтæн. Бирæ цыдæртæ æрымысыдтæн. Бирæ хабæрттæ мын бацаганд- той мæ зæрдæ. Дæс къласы каст куы фæдæи, уæд институтмæ фæндаг куыд нæ зыдтон, афтæ, институт каст куы фæдæн, уæд та мæ дарддæры хъысмæтæн афтæ ницы æмбæрстон. Кæдæм мæ æрвыстой, уырдæм кусынмæ нæ ацыдтæн, кусынмæ кæдæм цæ- уынмæ хъавыдтæи, уырдæм та мæн нæма райстой. Æнхъæлмæ- кæсын мæ бирæ нæ бахъуыд, фæлæ мæм уыцы цыбыр рæстæг дæр афæдзæй фылдæр фæкаст. Тыхстæн ме ’нæбондзинадæй, мае- хицæн баххуыс кæнынхъом кæй пæ уыдтæн, кæмæдæр кæй æн- хъæлмæ кастæн, чидæр цы зæгъдзæн, уый хъысмæты тæрхоньг кад кæй тардта, уымæй. Фæлæ мæ тыхстытæ дзæгъæлы рауады- сты. Хуыцауы сконд адæмы ’хсæнмæ бахаудтæн. Кæмæн дзы йæ кæстæр æфсымæры хуызæн уыдтæн, кæмæн — йæ фырты, кæ- мæн та йе ’мбалы хуызæн. Зæгъæн ис, æмæ мæм иууылдæр уар- зон цæстæй ракастысты. Хуымæтæджы хъæууон лæппу уæвгæйæ адæммæ цæмæйдæр разындтæн. Мæхи фæрцы нæ, кæимæ куыс- тон, уыдоны руаджы. Сæ хуымæтæгдзинад мæ, цы уыдтæн, уый сæрты акæсын никуы бауагъта, сæ цæстуарзондзинад мын баф- тыдта мæ цæстуарзондзпнадыл, сахуыр мæ кодта дзурæгмæ хъусып, æдыхы фарс хæцын, рæстдзинады сæрыл тох кæныи.. Уыцы миниуджытæ мæхимæ дæр уыдысты, фæлæ мæ уды ныффидар сты, дидииæг ракалдтой æмæ дыргъ дæттын райдыд- той ’редакцийы кусгæйæ. Куыинæ хъуамæ загътаин мæ арфæйы- пыхасы уыдæтты тыххæй! Бирæ даргъ æмæ цыбыр фæндæгтыл ацыдтæп иуæндæс азы’ дæргъы. Бирæ алыхуызон адæмтимæ сæмбæлдтæп. Раздæр мæм цард дуары зыхъырæй зыыд, нарæг къахвæндагыл æм цыдтæн, Фæстæдæр мын мæ размæ дуар байгомчындæуыд æмæ уæрæх фæидæгтыл цæугæйæ разындысты уæрæх фæтæптæ. Цас фыл- дæр адæмимæ æмбæлдтæн, уыйас кодтои хъæздыгдæр, мæхи- мæ æнкъардтон фылдæр тыхтæ. Афтæ куынæ уыдаид, уæд æн- дæр куыстмæ ацæуынмæ дæр мæ ныфс нæ бахастаин. Бирæ хорз пыхæстæ зæгъын уыд мæ бои мæ кæддæры æмкусджытæн, фæлæ цыбыр арфæйы къуындæг гæнæнтæ уый бæрц фадат нæ лæвæрд- той. Уæддæр мæ зæгъинæгты сæйрагдæртæ гæххæттыл сæ бынаг 15
/ссардтой. Типографимæ йæ арвитын хъæудзæн. Уадз æмæ йæ ;уым ныммыхуыр кæной. Афтæмæй цæсты тыпгдæр сахаддзæн, чи йæ райса, уыдоиæн фылдæр æхсызгондзинад æрхæсдзæн. Дыккаг бон æй мыхуыргæнæгмæ радтон æмæ мæм æй цæттæ- ; йæ æрбахаста. Викторæн æй бакастæн æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд. — Цы сын балæвар кæнæм,- ууыл нæ ахъуыды кодтай? — ба- фарста мæ Виктор. Мæ кусæн уаты дзыхъыниог магнитофон æрбаййæфтоп. Иу- нæг хатт дæр æй никуы сифтыгътон. Иуæй, мæм æнæпайдайæ лæууыпæн æвгъау каст, иннæмæй та мæ искуы афтæ æхсызгон бахъæудзæн, уый нæ зыдтон, æмæ мæ фæндон Викторæн бамба- рын кодтон. — Æвзæр лæвар нæу, кæд æй дæ цæст уарзы, уæд? — Кæннод-ма мæм уымæй стырдæр лæвар куы уыданд! Нæ ,-сын æй бахæлæг кодтаин. Мæ кусæн уаты ахæм лæвар куынæ разындаид, уæд мæхи æхцатыл дæр иæ бацауæрстаин. Бæрæгбоны райдайæнхмæ-ма сахатæй фылдæр уыд, афтæ ре- дакцийы кусджытæ театры цурмæ æрæмбырд сты. Афтæ кæй уыдзæн, уый рагацау дæр зыдтон æмæ раздæр æрцыдтæн. Хъан- цау æмæ Хъæвдын кæм уыдаиккой, уым æнауæрдон «тохæн» æпæбацайдагъ уæвгæ нæ уыд æмæ сæм мæхи хæстæг байстон. Куыд бамбæрстон, афтæмæй та сæ тæккæ цыренæй уыдысты. Мæ бацæуыны размæ кæрæдзиуыл кæй нæ бацауæрстой, уый мæ уырпыдта. — Раст дзурыс, — йæ цъупп былтæ базмæлын кодта Хъап- цау, — сæттын ыл, фæлæ дын дæ хистæр æфсымæр цы загъта, уый чи нæ радзура? — Уый дæр дæу хуызæн зæронд æрра у. — Раст зæгъыс, фæлæ-ма йæ уæддæр радзур. Хъæвдып йæ мидбылхудт тызмæг æнгасы бып фæкæнынмæ хъавыд, ф’æлæ ууыл цас зæрдиагдæрæй архайдта, уыйас йæхнуыл комдзог тынгдæр цыд. Рагацау дæр бæрæг уыд, кæй йæ радзур- дзæн, фæлæ ма йæхицæп лæгъстæтæ кæн агуырдта. Уый Хъап- цау дæр æмбæрста æмæ хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæпыпыл архайдта. Æппынфæстаг Хъæвдыи басаст æмæ дзурын райдыд- та: — Уæдæ-ма уымæй диссагдæр исты уыдзæыи! Ме ’фсымæр мæпæп дæс азы хистæр у. Уыцы кары адæм сæ кæртæй æддæма^ рацæуыимæ дæр зивæг фæкæпынц, уый та бавдæлд, æмæ паркмæ кафынмæ цæуын райдыдта. — Алы æртыццæг æмæ дзы хуыцаубоп дæр ирон хъазт вæййы, — йæ пыхас ып фæбæлвырддæр кодта Хъанцау. — Тыиг раст зæгъыс. Дæу дæр, дам, дзы фепдтытæ кодтоп. — Æмæ уым æвзæрæй цы и! — Чн цы кары уа, уыцы кары митæ кæнып ып æмбæлы æмæ ю
ме ’фсымæрæн дæр уый загътон. Мауал, зæгъын, цу паркмæ, дæ карæнæй кафын худинаг у. Æмæ, сымахмæ гæсгæ, истæмæй фæ- рæдыдтæн? — Кæронмæ нæ фæдæ дæ ныхас, — дзуры йæм Хъанцау. — Уæдæ-ма дзы цы уыди? — Цы дзуапп дын радта,уый цæуыннæ зæгъыс? Хъæвдын йæ худын тыххæй уромгæйæ сдзырдта: — Уый та ды зæгъ. Хъанцауæн, цыма уæлибæхæн йæ дзаджджындæр хай авæрд- той, уыйау йæ цæсгом иууылдæр хур фестад æмæ загъта: — Кафын худинаг у, зæгъгæ, йын куы загъта, уæд æм йе ’фсымæр разылд æмæ Хъæвдыны лæдзæгмæ амоигæйæ афтæ: «Кафын худинаг никуы уыд, худинаг кæстæр уæвгæйæ къæдз лæдзæгимæ къуылыхæй цæуын у». Хъанцау куыддæр фæстаг ныхас сдзырдта, афтæ ныппыррыкк кодта. Æмхуызонæй йæ бафæзмыдтой иннæтæ дæр. Худти Хъæв- дын дæр. Æрмæст хъæрæй нæ. Иæ былтæ кæрæдзимæ фидар ныл- хъывта, фæлæ йæ цæсгомы æппæт нуæрттæн дæр уыдис худыны æнгæс. Иуцасдæр афтæмæй фæлæууыны фæстæ сдзырдта: — Куы зæгъын, дыууæйæ дæр иухуызон æрратæ стут! Сахат куыд аивгъуыдта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Ми- дæмæ куы бацыдыстæм, уæд мæ зæрдæ барухс. Ахæм æмбырд- тæм адæм зивæггæнгæ фæцæуынц. Æргом дзургæйæ, гыццыл адæм дзы куы уа, уымæй тарстæн, фæлæ агъуыст йæ тæккæ дза- гæй куы баийæфтон, уæд æхсызгонæн сулæфыдтæн. Æмбырды алцыдæр уыди. Хицауад дæр кæдæй-уæдæй ирон газеты фæстæ æмхуызонæй æрцыдысты. Борнæфæй фæстæмæ — Мæскуымæ та, дам, ацыди — иууылдæр уым уыдысты. Сæйраг Советы Президиумы секретарь бакаст Указ газетæн Кады гра- мотæ раттыны тыххæй, радзырдта редактор, стæй ныхасы бар дæттын райдыдтой уазджытæн. Æмбырд æмбисмæ æввахс уыда- ид, афтæ мæ рад дæр æрхæццæ. Цалынмæ залы бадтæн, уæдмæ мæ фæнд аивтон. Мæ раныхас кæсын мæ нал бафæндыд. Мæ разæй трибунæйæ арфæтæ чи бакаст, уыдоыы фæстæ мæ ныхас пал сахадыдтаид æмæ мæм уым бадгæйæ цы æнкъарæнтæ фæ- зынд, уыдоп æнæкъуызгæйæ куы загътон, уæд адæмы къухæм- дзæгъдмæ гæсгæ бамбæрстон: раст бакодтон. Мæ лæвар дæр нн- пæты æхсæн цауддæр никæмæй разынд. Гадзубайы фарсмæ бад- тæн æмæ фæстæмæ мæ бынат куы бацахстон, уæд мын мæ уæл- къухыл пæ армытъæпæн авæргæйæ сдзырдта: «Хорз радзырдтай!». Æидæр искæй ныхæстæ мæ, чи зоны, нæ бауырныдтаиккой, фæлæ Гадзубайыл æууæндыдтæн: козбау митæй йе сæфт уыдта. Нæхимæ æнафон æрбацыдтæн. Бæдийы хъалæй кæй нал бай- йафдзынæн, уый рагацау дæр зыдтон, фæлæ-ма уæддæр уынгæй 2 Мах дуг № з 17
нæхимæ скастæн — Терчы сæрты къаххидыл æрбацыдтæн æмæ> кæртæй нæ рудзгуытæ нæ фæзынынц — æмæ нæ цырæгътæ иу раи дæр иал сыгъдысты. Райсомæй Бæди йæ боп загъдæй рай- дыдта: — Дысон кæм уыдтæ? — Газетæн бæрæгбон уыди. — Æмæ мын æй цæуыннæ загътай? — Нæ дын æй загътон? — Уый дын «нæ дын æй загътон?». Телефонæй æрбадзырдта- ис æмæ æз дæр æпæмæтæй схуыссыдаип. — Хатыр дæ курын. — Адæм та дæу агуырдтой... — Чи мæ агуырдта? — Дзерассæ. Ленинградæй дæр дæм дзырдтой... — Дзерассæ цы загъта? — Æруай, дам-ма. Ленннградæй чи дзырдта, уымæй йæ нал бафарстон. Дыууæ- пæ дæр кæрæдзийы æмбæрстам. Фæссихор Дзерассæтæм ацыдтæн. — Мæпæ кино! — ныддис мыл кодта мæ фыдыхо, — сæ кæр- ты дуарæй куы бахызтæн, уæд. — Кæцæй фæдæ, Хуыцауы тых- хæй? — Нæ мæм æрвыстай? — Æмæ дын афтæ тагъд æрцæуын æпхъæл уыдтæн? — Куыдтæ стут? — Иицы нын у, сымахмæ цы хабæрттæ и? — Махæн дæр ницы у. Мæнæ нæм цыдæр хъуыддæгтæ ис^ æмæ зæгъын, дæуимæ куы ауынаффæ кæниккам... — Цавæр хъуыддæгтæ? — Нæ лæппуйы зæрды цыдæртæ æрæфтыди... — Уыцы «цыдæртæн» ном нæй? — Уæдæ исчи дæу хуызæн у? Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ? Аслæибег дæр та мæ разæй фæ- ци! Нæ фæлæ рæстæг куыд тагъд агæпп ласта! Дзерассæ чындзы куы цыди, уæд дæсаздзыд уыдтæн. Тъæнджы мæй’ къæрццытæ кодта, афтæмæй йын хуындзау ацыдыстæм. Æз дæр дзыццайы- къалосты ма араст уон! Ныр йæ лæппу усгурæй агæпп ласта... — Хъуыддаг бакæнын ын нæ зæрды ис. — Уый хорз куы у! . — Уый кæд æмбарыс, уæд ныронг æпцад цæмæ бадыс? — Мæхиуыл та дæ куыд ацардыдтон! Иæхæдæг ам нæй æви цы? , — Цы фæци, нæ зонын. Ныртæккæ ам уыди. — Хъуыддаг бакæнын сымах зæрды ис, æви йæхи дæр фæиды? 18
Дзерассæ ныххудтн. .. — Æцæгæй дæ фæрсын. — Йæхи фæнды, фæлæ æз дæр ныхмæ нæ дæн. — Кæй курут, уый бæрæг у? — Уæдæ цы у? ,— Кæм цæры? Цы кусы? — Фаллаг сыхаг у. Иумæ ахуыр кæныиц. Дзерассæйы лæг цалдæр азы размæ амард. Хæстæй цæфтæй ссыди. Йæ иу къахыл, куыд æмбæлд, афтæ нал слæууыд, йах амæлæты бопмæ дзы къуылыхæй фæцыди. Йæ лæппу мединсти- туты ахуыр кæнын куы райдыдта, уæд йæ нгæрæй схъæрзыд. Сæхимæ фæхуыссыд æмæ куынæ сæрæидæр кодта, уæд æй горæ- ты рынчыидоимæ аластой. Ницы йын баххуыс кодтой уым дæр. Цал цыды йæм’ кодтоы, уал! хатты йæ цауддæрæй æййæфтон. Мæ лæппу, дам, ахуыр куы фæуыдаид, уæдмæ, дам-ма уæддæр куы * фæцардаип. Фæлæ йæ фæндтæй ницыуал рауад. Аслæпбег æр- тыккаг курсмæ куы бахызт, уæд фыд амард. Аслæнбеджы-ма афæдзы бæрц ахуыр кæныи хъæуы, афтæмæй ус курыныл ныллæуыд. Мæнæй уал азы кæстæр чи у, уый дæр та мæ фæсте фæуагъта! Уымæн фæзæгъыпц, æвзæр хнстæр — кæс- тæр, хорз кæСтæр — хистæр. — Уый тыххæй мæм дзырдтай? — Хуыцауæхсæв минæвæрттæ барвитынмæ хъавæм. — Æмæ? — Ды куынæ ацæуай, уæд чи ацæудзæп? — Ау мыггаг ие стут? — Мыггагæй дæр дзы уыдзæп. Йе ’мбæлттæ дæр фæсте нæ баззайдзысты, фæлæ йæм дæуæй хæстæгдæр чи ис? — Мæныл пыхас нæ цæуы. Æз ацæудзыиæн. — Уæд-иу сабаты раздæр æрцу... Хуры апыгуылдмæ бирæ нал уыд, афтæ пæхимæ схæццæ дæп. Бæдийыл кæрты амбæлдтæн. — Кæм уыдтæ абоидæргъы? Сахаты бæрц дæумæ дзурын... Алмахситт, дам, тынг рыпчын у. — Чи загъта? — Хъæуæй дзырдтой. — Раджы.? — Иу сахаты размæ. Нæхи телефонæй дæм уыйбæрц фæ- дзырдтон æмæ фæстагмæ нал куыста æмæ телефонæй дзурынмæ нæ сыхæгтæм суадтæн. — Æз нæуын уæдæ! — Æз дæр цæуын... Хуыцау хорз, æмæ машинæ мæ быиы уыд. Фæстæмæ райо^мæ фæцагайдтам. Хъæумæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ мæ са- гъæсыл æфтыд. Алмахситт мæм хуымæтæджы кæй нæ сæрвыста- ид, уый мæм тыигæй-тыпгд&р хъарын райдыдта. Рынчын та куын-4 19
нæ кодта — уæлдайдæр фæстаг рæстæг, фæлæ мæм никуы сдзыр- дтой. Иу хатт, хохы-ма куы цардысты, уæд йæхæдæг дзыц- цамæ тел пыццавта, Нана ницыуал хуызæн у, зæгъгæ. Дзыццамæ быдырмæ фæтахтæн. Суанг нæхимæ дугъы уайæгау фæкодта. Уымæй размæ йæ ахæм хуызæнæй никуы федтон. Нана, дам, чи зоны, афонмæ дæр æгас нал у, æндæр, дам, мæм Алмахситт ахæм тел нæ радтаид. Йæ кæуынæй-иу куы фенцад, уæд та-иу хъарæг- гæнæгау ныхæстæ даргъ ивазгæйæ дзурынмæ фæци. Тагъд-тагъд йæхи арæвдз кодта æмæ — Æрыдонмæ згъоргæ. Æз дæр йемæ цæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ иæ ауагъта, чызджытæ, дам, иу- нæгæй цы фæуыдзысты. Уæддæр нæ хайы кæронмæ йемæ фæ- цыдтæн. Цалынмæ къутуты аууон фæци, уæдмæ нæ раздæхтæн. Фæстæмæ; æртыккаг бон æрцыди.Куыддæр æй ауыдтон, аф- тæ бамбæрстон, нанайæн кæй ницыуал у, уымæн æмæ дзыццайы цæсгом, нæхицæй куы цыд, уымæй бынтон æндæрхуызондæр уыд. «Нана цы хуызæн у?» — ныхъхъæр æм кодтон дардæй. «Фæдза^бæх и, ницыуал ын у!». Цыма йæ цалдæр азы нæ федтон, афтæ йыл мæхи баппæрстон æмæ йæ хъæбысы аныгъуылдтæн. «Куыдтæтæ уыдыстут? Сыдæй нæ амардыстут? Дыууæ ’хсæвы сымах мæтæй хуыссæджы цъыртт куынæ федтон!». «Махæн æппындæр ницы уыд!». «Чызджытæ та кæм сты?». «Нæхимæ». Ноджы диссагдæр та Дунехтан æмæ Бæди фесты: Дзыццайæн дзæбæхæй æрыздæхын æнхъæл нал уыдысты, цы!—куы йæ ауыд- той, уæд дыууæрдыгæй йæ дæлæрмтты бацыдысты æмæ сæ кæ- уынæй нал æнцадысты... Алмахситмæ цæугæйæ мын цæмæндæр гæсгæ уыцы нывтæ сног сты... Сæ дуармæ куы ничи уыд, уæд мын чысыл фенцондæр. Ацы хатт кулдуарæй бахизгæйæ сæ куыйты рæйын дæр нæ райхъуыст, нæ размæ дæр иæ ратахтысты. Кæрты сыхæгтæй цалдæры лæу- гæйæ куы баййæфтон, уæд мæ зæрдæ- ныссæххæтт кодта. Иæ уыргтæ срыстысты æмæ, дам, ын тынг старстыстæм. Ныр рангæ- сæн ис, зæгъгæ, мын куы загътой, уæд чысыл ме ’муд æрцыдтæн æмæ мидæмæ батагъд кодтам. Иæ уæлхъус цалдæры баййæфтам. Мах ауыпгæйæ, фæйнæрдæм алæууыдысты, æмæ нæм Алмахситт разынд. Куы нæ ауыдта, уæд йæ цæсгомыл цыдæр цин базмæ- лыд, йæ хъæрзынæй дæр фенцад. Иæ цурмæ бацыдтæн. Иæ ра- хиз къух хъæццулы уæлæ æвæрд уыд æмæ йыл мæ армытъæпæн фæлмæн æруадзгæйæ сдзырдтон: I — Цы кодтай, Алмахситт? — Фæцæймардтæн... Æвæццæгæн, мæ игæрты дуртæй кæцы- дæр базмæлыд æмæ-ма мыл сбон уыдзæн, уый æнхъæл нал уыд- 20
таен. Арсæмæг мæм йе ’мбалы æрласта æмæ.мæ уый дæр федта... Чысыл мæ мæ алыфарс акæсынмæ куы февдæлд, уæд адæмыл мæ цæст ахастон. Иæ бирæ цот иууылдæр йæ уæлхъус лæууыды- сты. Арсæмæгæй фæстæмæ. Алмахситт мын цыма мæ хъуыды бамбæрста, уый хуызæн сдзырдта: — Арсæмæг йе ’мбалы аласта. Рынчындоны, дам, æм æн- хъæлмæ кæсынц. Æмбисæхсæвмæ æввахс йæ уæлхъус фæбадтыстæм. Ацæут, зæгъгæ, нæ куынæуал уагъта, уæд сыстадыстæм. — Абæрæг та дæ кæндзыстæм, — зæрдæ йын бавæрдтон æмæ рацæйцыдыстæм. — Ныр мын кæд ницыуал уаид. Ацæут, уæхиуыл банафон кодтат... Æнкъард хъуыдытимæ здæхтæн фæстæмæ. Зын мыи уыди, мæ мады æфсымæр бонæй-бонмæ куыд тайгæ цыд, уый уыпын. Æгæр арæх фæкæл-фæкæл кодта... XI Элинæимæ куы фæхицæн стæм, ууыл цалдæр мæйы рацыд, фæлæ, мæ зæрдæ йæм цæмæй æхсайдта, уый тыххæй ницы фы- ста. Телефоны ракъахынмæ дæр æй рахъавыдтæн, æрмæст-иу уым дæр ныхæстæ хъазынырдæм аздæхта. Фæстагмæ йæм, ком- коммæ цы зæгъынмæ хъавыдтæн, уый æргомæй ныффыстон. Цæ- мæдæр гæсгæ йæм афтæ фæкаст, цыма, æнхъæлцау куы уыдаид, уый мæ нæ фæндыди æмæ мын уайдзæфгæиæгау фехъусып кодта, ма тæрс, хъуыддæгтæ хорз ацыдысты, ды цæмæй тарстæ, ахæ- мæй дзы ницы ис, зæгъгæ. Куыд бæмбæрстон, афтæмæй дохтыр- тæм дæр цыди æмæ сæ фарста. Æз ын уый тыххæй йæхи зылыи- джын кодтон, æдас нæ уыдтæ, æндæр дохтыртæм нæ цыдаис, зæгъ- гæ. Мæ уыцы ныхæстæ йæ зæрдæмæ ыæ фæцыдысты æмæ мæм фыццаг хатт ныффыста æппæты дæрзæгдæр писмо. Уымæй раз- мæ-иу алы писмо дæр райдыдта тæккæ фæлмæндæр пыхæстæй; «Дæ бон хорз, Хъазыбег, зæххыл мын æппæты зыпаргъдæр адæймаг чи у!», «Дæ бон хорз, мæ зынаргъ Хъазыбег», «Дæ бон йорз, мæ ахсджиаг!». Йæ фæстаг писмо та райдыдта хуымæтæ- джы ныхæстæй: «Дæ бон хорз, Хъазыбег!». Йæ райдайæны хуы- зæн уыди суанг кæронмæ дæр. «Мæпмæ гæсгæ, — фыста Элинæ, — писмо æрæгмæ кæй æр- витыс, уый тыххæй алы хатт хатыртæ курын ница^мæп хъæуы. Кæд дæ дзуапп дæттын иæ фæфæнды, уæд дыл тых-бегара нæн. Æцæг хæлардзинадæн уæвæн ис, дæхи сæрибар куы хонай æмæ дыууæ адæймаджы æхсæн фидар æууæнк куы уа, æрмæстдæр уæд. Уæдæ ардыгæй фæстæмæ баныхас кæнæм: дзуапп мын-иу ратт, мемæ дæ дæ хъуыддæгтæ, хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты 21,
тыххæйныхас кæнын куы фæнда æмæ дын рæстæг куы уа, уæд. Æргом зæгъгæйæ, мæ зæрдæ куы амæлы, фидæнæй мæ ныфс куы- ^æуал вæййы, уæд мæ хуыссæг фæлидзы, комдзаг мæ дзыхы нал фæцæуы, цни мæ дæрдты лидзын райдайы. Æз уыцы хъизæмæрт- тæ дæр æвзардзынæп, уæддæр маё писмотæн тыхдзуæппытæ исы- иыл пе сразы уыдзыиæн. Мæхиуыл хæцыныл архайдзынæн, кæд мын дзы ныронг ницыма рауади, уæддæр. Мæнмæ гæсгæ мæ ды хорз æмбарыс, уымæн æмæ дæ &з цас зонын, уыйбæрц ды дæр ахæм зондыл хæст дæ. Диссаг-ма мæм цы кæсы: мæ писмотæ кæс- гæйæ мын мæ алы ныхасы дæр цыдæр зыгъуыммæ хъуыдытæ агурыс. Мæ фæстаг писмо, кæд дын æз куыд загътон, афтæ иæба- кодтай æмæ йæ нæма аскъуыдтай, уæд ма йæ райс æмæ, сывæл- лон æмæ дохтыры кой кæм кæнын, уый дзæбæхдæр бакæс. Цæй куыд у? Кæм дзы ссардтай, йæ райгуырдыл «тынг» кæмæн тыхс- тæн æмæ дæ ныхæстæм гæсгæ уый тыххæй «арæх тæрсгæ-ризгæ- йæ дохтыртæм цыдтæ», зæгъгæ, кæм ныффыстон, ахæм бынат? Уыцы хъуыддагыл мæ дзурын иал фæидыд, фæлæ мæ раст кæй иæ бамбæрстай, уым-ма хъуамæ дыууæ ныхасы зæгъон. Æз дæм пыффыстон, дохтырмæ иу хатт кæй бацыдтæн, уый тыххæй. Уый уыди ноябры кæрон. Цæугæ та бакодтон, ды цæй тыххæй æн- хъæл< уыдтæ, уый тыххæй нæ. Мæн хъуыдис доны бассейнмæ гæххæтт райсын. Гæххæттытæ (æртæ дохтырæй) хъуамæ ратта- ин фыццæгæм февральмæ. Дохтыртæм тæрсгæ-ризгæ цыдтæн, зæгъгæйæ, кæй фыссыс, уымæй рæдийыс. Æргом дын куы зæгъон, уæд мын сывæллон куы уыдаид, уый мæ тынг ’фæндыд. Нæ уы- дзæн, уый мæ куы бауырныдта, уæд мыи хъыг уыди. Æз дыи Хъырымы дæр куы дзырдтон, куы уа, уæд йæ ныхмæ кæй ницы сараздзынæп. Æви дæ мæ ныхæстæ нæ бауырныдтой? Уыцы фæи- дагыл æз барвæпдæй æрлæууыдтæн æмæ дзы иуфарс иицы хуы- зы ахызтаин. Нæ фæлæ, сывæллон уыдзæни, зæгъгæ, мæ зæрдæ куы дардтон, уыцы дыууæ мæйы мæхи амондджын хуыдтон. Ар- хайдтон, цæмæй йæ мацы бахъыгдардтаид, ууыл,-Доны бассейн- мæ цæуыны фадат мын куы фæци — Ленинграды уый тынг зьш хъуыддаг у — уæд фыццаджыдæр дохтыры бафарстоп, ахæм уа- вæры ленк кæнæн ис æви нæ, уымæй’. Куыд базыдтои, афтæмæй æнæииз сылгоймагæй — æз дæр мæхи ахæм хонын — уымæй размæ спорты чи архайдта, уыдрнæн сæ бон уыд ленк кæиын су- апг авд мæйы онг. Кæй зæгъып æй хъæуы, бæрзондæй гæппытæ кæнынæй фæстæмæ. Дæуæп уыцы хабар фехъусын æхсызгон кæй пæ уыдаид, уый рагацау дæр зыдтон æмæ дæм барæй ннцы фыстон, декабры ас- тæу дæм цы писмо арвыстон, уым. Уыцы рæстæг мæ уавæрыл Дызæрдыг нæма кодтон. Фæстаг писмойы дæр дæм æй фыссын- мæ нæ хъавыдтæн, телефонæй дзургæйæ мын дæхæдæг куы нæ загътанс, уæд, Ныр хъуыддаг ахицæн æмæ йыл дзурып дæр нал 22
хъæуы. Скæсæйпаг зондджын лæгтæй иу афтæ загъта: «Цы хъæ- уы, уый бамбарын кæн, цынæ хъæуы, уый аныхъуыр». Ууыл ны- хас фæуинаг уыдтæн, фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыд дæ писмо- йы мæ, уыцы хъуыддаджы ды дæр иниæ сылгоймæгты хуызæн дæ, зæгъгæ, кæм фарстай, уыцы бынат. Цæмæй дын дзуапп рат- топ, уый тыххæн зопын хъæуы, «инпæтæ» цы хоиыс, уый. Иннæ- мæй та — диссаг маем кæсы, дæхæдæг ыл куыннæ ахъуыды код- тай, уый — адæймагæн йæхимæ искæй цæстытæй æрбакæсын тынг зын у. Æз, цы дæн, уый дæн æмæ æндæрхуызон уæвын мæ боп нæу. Æз æдзухдæр, цы дæн, уый уæвынмæ фæхъавын. Арха- йын, хорзыл цы нымайын, æгъдау æмæ намыс, цы хоныи, уыдоны аккаг разыныиыл. Кæй уарзын æмæ аргъ кæмæн кæнын, уыдоиы цæсты мæхи нæ бафтауыныл. Æрмæстдæр афтæ. Уæдæ цавæр дæи æмæ кæй хуызæн дæн, уымæй мæн ма фæрс, фæлæ дæхæдæг кæс æмæ мын мæ хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæн. Иу хъуыддагæй дын мæ бон зæрдæ бавæрын у: мæ митæй цы не ’мбарай, уый дын радзурдзынæи, иу кæнæ иннæ уынаффæмæ цæмæн æрцыдтæн, уый дын зæгъдзынæн. Фæлæ мæм уыцы фарст кæм радтай, уым, æвæццæгæн, сылгоймæгтæн сæ кæцы мыггагмæ — кæд ацы ран дзырд «мыггаг»-æй спайда кæнæн ис, уæд — хауыи, уый иæма раиртæстай? Хъыгагæн мæ не ’мбарыс. Уæвгæ мæм уый диссаг нæ кæсы. Ацы ран ды дæр фылдæр пæлгоймæгты зон- дыл хæст дæ: сæ разы уынынц сылгоймаджы, йæ уды хъæздыг- дзинæдтæ йын ницæмæ даргæйæ. Кæй куыд фæнды, афтæ ны- майæд. Сæхицæн фыддæр у!» Куы зæгъын, Элинæйæ уæды хуызæн карз писмо никуыма райстон. Быпæй дзы хуымæтæджы «Элинæ» дæр нал ныффы- ста, «Дæхи Элипæ» нæ, фæлæ. Никаёй аххос мын уыди! Уайтагъд айчы къæмтæ агурынмæ фæвæййын. Элинæйы хуызæн йæ зæрдæ мæ цуры ничима рар- гом кодта. Уый бæрц мыл ннкуыма ничи баууæндыд. Æз та мæхиуыл фервæссыдтæн/ Уæвгæ цæмæй фервæссыдтæн?.. «Фæ- тарстæн» куы зæгъон, уæд растдæр уыдзæн. Уымæн æмæ мæм Элинæй’ы бæрц пыфс нæ уыд. Уый йе ’нкъарæнтыл æууæндыд, нæ зæрдæйы цы монцтæ райгуырд, уыдоны æвджид йæхи ба- кæиын бафæрæзта. Æз та иу нывæрзæнмæ æрцæуынæй дæр мæхи хъахъæдтоп. Нæ дыууæйæн дæр æмхуызон тарстæи. Æм- хуызон, зæгъгæ, раздæр Элипæйæн тынгдæр тарстæн. Нæ ахаст- дзинæдтæ цæуыл ахицæн уыдзысты, уый уый фæстæ дæр куы- нæ зыдтон, уæд-ма йæ уæд куыд зыдтаип! Фæлæ йæхимæ цы ныфс разынд, уый пæ дыууæйы фаг дæр сси. Æрмæст ын аивæй бамбарыи кодтон, цы хъуыдымæ æрцыд, уый фæстиуджыты тыххæй дзуапп дæттыпмæ цæттæ кæй нæ уыдтæн æмæ йын ямгæнхъæлæджы хъуыддаг куыннæ уыдаид. Ницы йæ бафтыд- та дызæрдыджы! Цы зондыл ныххæцыд, уый йæм фæкаст æп- 23
пæты растдæр æмæ йæ равзæрст фæндагыл цæугæйæ нæ фае- цудыдта. Йæ чызгон сыгъдæгдзинад уарзондзинадæн нывондæн æрхаста æмæ йыл нæ фæфæсмон кодта. Тыхджын адæймаджы бон уыд ахæм ныфс равдисын. Мæхицæй та афтæ зæгъынхъом нæ уыдтæн. Иннæ хæттыты хуызæн та мæ цавæрдæр сæрибар- дзинадыл сагъæстыл фæдæн, цыдæр æбæрæг арæнты сæрты хи- зынæй фæтарстæн æмæ алы æфсæнттæ агуырдтон. Элинæ та, цæмæй мæнмæ хæстæгдæр уа, ууыл архайдта. Йæ иу писмойы мæм фыста, Ирыстон фенынмæ куыд тынг бæллыд, уый тыххæй: «Дæуимæ куы базонгæ дæн, уæдæй фæс- тæмæ Ирыстон мæнæн ссис адджын æмæ уарзон зæххы гæбаз’. Иæ истори, йæ культурæ æмæ йе ’гъдæутты тыххæй уыйбæрц чпнгуытæ бакастæн, æмæ мæ уый фæстæ куыннæ хъуамæ ба- фæндыдаид, цы базыдтон, уыдон мæхи цæстытæй феныи. Уыцы ныхæстæ бакæсыны фæстæ мæхимæ ахæм æгад æр- кастæн, мæхæдæг ын цæуыниæ искуы загътон, рацу æмæ дын мæ райгуырæн бæстæ фенын кæнон, зæгъгæ. Æцæгæйдæр, Эли- нæ мæнмæ хæрам кæнын нæ зыдта, æндæр уый бынаты æз куьг уыдаин, уæд ыл мæ зæрдæ къорд хаттæй фылдæр фæхудтаид. Иæ фæстаг писмойæн æм дзуапп раттыны бæсты телефонæй ныдздзырдтон. Ирыстонмæ цæуыны кой мæ куы фехъуыста, уæд ын æхсызгон уыди. Куыддæр фæуалдзæг кæна, афтæ мыи ссæуынæй зæрдæ бавæрдта. Элинæ, зæрдæ цы хъуыддагæй ба- вæра, уымæн æнæ сæххæстгæнгæ кæй нæй, уый æмбæрстоп æмæ рагацау тыхсын райдыдтон. Тыхстæн, Элинæйы хуызæн уазæг сбуц кæнын куынæ базоноп æмæ къæмдзæстыгæй куы баззайон. Цыма нæ горæты йæ зæрдæмæ цы фæцæуа, ахæмæй ницы разындзæн, афтæ мæм каст. Иннæмæй та æфсæрмы дæр кодтон. Горæты уынгты иуæй-иу лæппуты хуызæн чызджы къу- хыл хæцгæ нæ, фæлæ йæ фарсмæ дæр никуы æрцыдтæн. Эли- нæимæ та мæ къорд боны цæуын бахъуыдаид. Иунæгæй йæ цыбыр рæстæг дæр куыд хъуамæ иыууагътаин? Кæй зæгъын æй хъæуы, чи мын у, уый тыххæй исты æфсæпттæ ссардтаин, фæлæ сайын кæй нæ зонын, уымæ гæсгæ мыл нич’и баууæидыдаид. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ фида- рæй скарстон: фæстæмæ здæхæн нал ис. Æппын куы иицы уы- даид, уæддæр мæ уырныдта, уазæджы æфсарм иннæ хъуыд- дæгтыл кæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ мæхиуыл бонæй-бопмæ тынгдæр æууæндыдтæн. Уæдæ йыи цы фенын кæидзыпæи, ууыл дæр нал тыхстæн. Алы бæстæйы дæр, адæймаджы дисы цы бафтауа, ахæм зæрдылдаринаг бынæттæ разыпы. Нæ горæты равдисыны аккаг цы уыдис, уыдон мæ рох нæ уыдысты, æр- мæст мæнæн мæ зæрдæ тынгдæр хæхтæм æхсайдта. Элинæ Хъырымы хæхтыл дис кæнынæй кæм ие ’нцад, уым æй мах хæхтæ къаддæр дисы кæй нæ бафтыдтаиккон, ууыл æууæндыд- 24
тæн æмæ тагъддæр куы ссыдаид, уымæ бæллын райдыдтон. Фæндыди мæ, уалдзæджы тæмæны куы фæзындаид, уый. Уæд. хохы уæлдай рæсугъддæр вæййы. Кæрдæгджын фæхстæ алы- хуызон дидинджытæй сæрттивынц. Бæлæсты цъæх хæхтæ бам- бæрзы, æхсæрдзæнты хъазт цъæхснагдæрæй хъуысын рандайы. Цъититы цæхæрмæ цæстытæ нал фæлæууынц. Уалдзæг ралæууыд, фæлæ æз хонынмæ нæма тагъд кодтон, быдыры хуызæн хох дæр куы базмæлыдаид, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Иу бон редакторыл. амбæлдтæн æмæ нæм æнæнхъæ- лæджы хæхты тыххæй ныхас рауад. Редактор хохы райгуырд^ йæ хæстæджытæй бирæтæ уым цæрынц æмæ сæм уазæгуатьг арæх вæййы. Уыцы хуыцаубоны дæр се ’рвадæлтæм уыди æмæ,. дам, Генæйы федтон. Генæйæн йе ’цæг ном Дженалдыхъо хуыйны, фæлæ йæ æзг Генæйæ зонын. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам. — Генæ та уым цы куыста? — бафарстон редакторы. 4— Куырттаты комы хæдзар куы сарæзта. — Кæм? — Милты хъæдæй чысыл фалдæр. Милты хъæды кой хъусгæ дæр никуы фæкодтон, фæлæ йæ- редакторы ныхæстæм гæсгæ зонын кæй хъуыд, уый бамбæр- стон, æмæ, цæмæй мæхиуыл комдзог ма рацыданн, уый тыххæп нæ пæ бафарстон. . — Æмæ йæ нæ зыдтай? — Нæ-а. — Кæддæр æрдхæрдтæ куы уыдыстут... — Æрдхæрдтæ ныр дæр стæм, фæлæ фæстаг рæстæг пал æмбæлæм. — Дыууæ азы размæ, дам, æй сарæзтоп. Фистæгæй фæцæй- цыд. Бирæ йæ нал хъуыд, афтæ йыл амбæлдыстæм. Суанг æй йæ тæккæ дуармæ бахæццæ кодтам. Замманай хæдзар сарæз- та. Дыууæ уаты дзы. Ирон пец. Хæринаг кæнынмæ ахæм дæсны у, уый нæ зыдтон. — Институты куы ахуыр кодтам, уæд дæр ахæм хъуыддæг- тæм рæвдз уыди. — Уайтагъд нын физонæг ацæттæ кодта. Ирон арахъ ныи æрæвæрдта æмæ нæ, цалынмæ хорз федта, уæдмæ нæ рауагъ- та. Диссаджы хъуыдыйыл мæ бафтыдта редактор. Генæимæ’ баиыхас кæнынæй æнцондæр куы ницы уыд. Ахуыр-ма куы кодтам, уæдæй фæстæмæ хæларæй цардыстæм. Уый кæд гео- графион факультеты ахуыр кодта, уæддæр арæх æмбæлдыстæм. Иу хатт мæ, фыццаг курсы ахуыр кодтам, афтæмæй давæттæ тоиынмæ ахуыдта. Уæдæй фæстæмæ хъæдмæ арæх цæуын рай- дыдтам. Уый фæстæ хохмæ дæр фæцахуыр стæм. Генæ хорз> 25
жанд еырдтæ æмæ зайæгойты цард нæ зыдта, фæлæ зыдта, -суартæй чи кæцы ииз дзæбæх кæны, уый дæр. — Ахæм къуыри, дам, нæ вæййы,— дзырдта дарддæр редак- тор,— дыууæ-æртæ бопы, дам, дзы кæд нæ баззайын. Æз дæр дзы зæххы хицау куы сдæн! Фарон æм бæргæ дзæ- бæх февнæлдтам, æрмæст æй æрдæгыл ныууагътам. Цы дзы ныссагътам, уый æвзæр ие ’рзади, фæлæ кæронмæ куыстгопд не ’рцыд æмæ йыл сæрды хæмпæлгæрдæг фæтых. Бæдийæп фæдзæхстон, дæ цæст æм фæдар, зæгъгæ, афтæмæй, Хъыры- мæй куы ссыдтæн, уæд мæхи дæр ничердæмуал равдæлд æмæ- ма йæ æрæджиау куы бабæрæг кодтон, уæд æм йæ раздæры хуызæпæй пицыуал уыд: хъамылæй пал зынди. Уæддæр дзы цыдæртæ ’рхастам. Иугыццыл хъæдуртæ, дыууæ дынджыр па- сы, уырыдзытæ. Нæ картоф та уалдзæгмæ æнæкъахтæй баз- зад. Куыддæр зæхх стæфст æмæ къахынмæ фæбæззыд, афтæ дыууæ куысты иумæ бакодтоп: зæхх дæр скъахстон, картоф дæр бафснайдтои. Хъызт зымæг нæ уыд, æмæ нæ баеыд. Дыу- уæ голладжы бæрц дзы æркъахтон. Афтæмæй губакгонд дæр не ’рцыд. — Зæхх дæр ын дзы ис? — Хъæууон цæхæрадонæй йын къаддæр нæу. Йæ фылд’æр хайы йын картоф ныссадзы. Фарон, дам, дзы фынддæс голла- .джы æркъахтон. Афтæмæп Генæ горæты схъомыл. Суаиг-ма нæ мад æмæ йæ фыд дæр хъæуы нæ райгуырдысты. Уæвгæ сын сæ хæдзары цур .зæххы хай ис. Нæ фæлæ цы хорз у, редакторыл кæй амбæлдтæн, уый. Эли- пæны хохмæ аласын хъæудзæн æмæ йæ Генæимæ базонгæ кæн- дзынæи. Хохы цалдæр хатты йемæ уыдтæн æмæ мын уый бæрц ,диссæгтæ фæдзырдта, æмæ-ма йæм поджыдæр зæрдиагæй бай- хъусин. Сæйрагдæр та, Элинæ йæ куы фехъуеид, уый мæ фæн- ДЫД. Сæхимæ йæм телефонæй бадзырдтон æмæ та мыл уыцы хæ- .ларзæрдæйæ сæмбæлд. Сабаты æмæ, дам, хуыцаубоны демæ кæдæмфæнды дæр ацæудзынæн, суапг, дам, чи зоны, æиæуи •бон дæр. Институты ахуыргæнæгæн кусы æмæ, дам, æвдæлон куы уоп, уæд хохмæ кæдфæнды дæр абалц кæндзыстæм. Элинæйы ссыдмæ бæрæгбопау æнхъæлмæ кæсын райдыдтон. Æртыццæджы сеæудзæн, зæгъгæ, афтæ хуыцаубоны Генæимæ хохмæ ацыдыстæм, — Айфыццаг мын редактор Милты хъæды кой куы кодта, уад æй, афтæ цæмæп хуыйны, уымæй бафæрсын нæ бауæндыд- тæн,— мæ сусæг дызæрдыгдзинад Генæйæн рахъæр кодтон. — Æз дæр ын ницы зонын,— къæмдзæстыгхуызæй загъта Геиæ.— Бынæттон цæрджыты дæр фарстои æмæ йæм уыдон дæр мæнæй дæсныдæр не сты. 26
— Хорз ран у тынг,— хæхтыл мæ цæстæнгас ахæсгæйæ -сдзырдтон.— Мæ зæрдæмæ цæуы. — Къогъо дзы нæ цæры. — Цæуыннæ? Ахæм ран æвæрд ис, æмæ йæм къогъо хæстæг цæуын нæ уæнды. Цал комы дымæгмæ æрæнцад, уымæ кæсыс?! Цыппар комæй йæм алчи йæ сыгъдæгдзинад хæссы. Куы иуырдыгæй æрбадымы, куы иннæрдыгæй æмæ дзы къогъо йæхицæн цæрæн уавæртæ ссарын нæ фæразы. Дыууæ азы размæ сарæзтон мæ хæдзар. Бынæттон цæрджыты фыццагдæр къогъотæй бафарстон. Æхсæвыгон дзы, зæгъын, арæх сты? Æхсæвыгон дæр, дам, дзы пе сты, æмæ боныгон дæр. Генæ мæ йæ хæдзары алы къуымты æрзилын кодта. Федтон ын йæ цæхæрадон дæр. — Мæ бæлæстæ мыи фарон тæрхъустæ бахсыдтой æмæ •адон фæззæджы ныссагътон,— фæткъуы бæлæсты талатæм ацамонгæйæ загъта Генæ. — Ныр сæм нал бавналдзысты? — Мæ быру аивтон. Цæмæй хæйрæг уыдтæн, телты æхсæн цы зыхъыртæ уыд, ууылты æрбахиздзысты. — Дæ алыфарс къудзийæн ныккæнæн куынæ ис, уæд дæ ’бæлæстæ цæмæн равзæрстой? — Мæнмæ дæр уый диссаг кæсы. Мыййаг, зæгъын, кæд фæткъуы бæласы цъæрттæ адджындæр сты. — Стæй кæд тæрхъустæ иæ уыдысты, уæд та? — Тæрхъустæ уыдысты. Иу æхсæв ам баззадтæн. Сæумæ- ^айсом æддæмæ рауадтæн æмæ хуыснæджы йæ тæккæ «кус- гæйæ» раййæфтон. Бæргæ йæ расырдтон, фæлæ йæ сæр фыц- даг хуыпчъы фæцавта æмæ йæ ацу æмæ баййаф. Уæрдонвæн- дагæй шгкуыдæм азылд, афтæмæй дугъ радта. Иудзæвгар æй ’фæсырдтон, стæй йæ нæ баййафдзыпæн, уый куы бамбæрстон, уæд æрлæууыдтæн. Тæрхъус дæр мæстæймарæгау æрлæууыд æмæ фæпдаггæрон йæ фæстæгтыл æрбадт. Аууæтты-аууæтты •йæм фæхъуызыдтæн, æрмæст фæстæмæ фæидагмæ куы рахыз- тæн, уæд йæ кой, йæ хъæр дæр нал уыд. Мæхипымæр мæхиуыл лудæгæй мæлгæ раздæхтæн, тæрхъус дæр-ма мæ ахынджылæг кодта, зæгъгæ. Фæззæджы сыфтæр куы азгъæлд æмæ уистæ кæнынмæ куы фæбæззыд, афтæ мæ быруйыл æрбахизæн бынат нал ныууагътон. Æцæгæйдæр, йæ цæхæрадоиы алыфарс, быцæуты æхсæн цы телтæ уагъд уыд, уыдоныл уистæ хæрдмæ бигæ фæцыд. Ноджы сæ ставддæр кæрæттæ бынмæ уыдысты æмæ æрбахизынæй тас кæуылты уыд, уым тæрхъус нæ, фæлæ мыст дæр зынæй æрба- <бырыдаид. 27
— Дæ битъынатæ ауыгъдæй куы баззадысты,— хæдзары фæскъулмæ куы бацыдьютæм, уæд бафиппайдтон æз. — Адæмæн дзы цас фæлæвæрдтон, уый зоныс! — Хохы алцыдæр хуыздæр хъуамæ уа. — Æнæхъæн афæдзмæ æввахс сыл цæуы æмæ уæлдайхуы- зоп нæ фесты. Ныртæккæ йæ фендзынæ, цы ад кæнынц, уый. Уæлæ йæ уыцы кæрдæджытимæ,— къулыл цы цалдæр хуызы дидинæджы бæстытæ уыд, уыдонмæ ацамонгæйæ загъта Генæ,— фыцгæ доны куы ныппарын, уæд, иуæй, диссаджы хæрзад æмæ хæрздæф свæййы, иннæмæй та ахæм цай алыхуызон низтæ дзæ- бæх кæны. — Уæдæ хохы картоф цы у, уый та мæхæдæг зонын. Алы аз дæр мын ме ’рвад Бадыхъæуæй иу голлаг раласы æмæ йын æлхæнгæ картофимæ иумæйагæй ницы вæййы. Лæхурæг æмæ хæрзад кæй у, ууыл нал дзурын, фæлæ уæрмы зайгæ дæр нæ ракæны. Уый диссаг у! Иннæ картофæн йæ билцъ æнгуылдзы дæргъæи свæййы, уый куыддæриддæр вæййы, афтæмæй баз- зайы. Генæйæн, цавæр уазæг мæм ссæудзæн, уый æфсонмæфсон- ты бамбарын кодтон. Хæдзары тыххæй йын мæн зæгъын дæр нæ бахъуыд. Иæхæдæг кæй фæраздæр, уый мын мæ уавæр фенцондæр кодта. Мидæмæ куы бацыдыстæм, уæд пецы арт бандзæрста. Уыциу рæстæг мæнæн амыдта, йемæ куыд арханын хъæуы уы- дæттæ. Чи зоны, иу æхсæвæй фылдæр дзы ма фæуæм, фæлæ пæ арт кæнып кæй бахъуыдаид — уæд-ма изæрыгæтты уазал уыд — уый зыдта æмæ мын, фæздæгдзæуæнтæ кæд раласын хъæуы æмæ цæй бæрц, уыдæттæ дзырдта. Йæ сугтæ састæй рагъамадæй лæууыдысты хæдзары дæлбазыр къæвдатæй аууои ран. Уыдон дæр мын фенын кодта. Цайы дон куы рафыхт, уæд хæдзары къулыл цы битъына- тæ уыд, уыдонæй иу къалиу ратыдта æмæ йæ цайдаиы нып- пæрста. Æнахуыр хæрздæф хæдзарыл апырх. Уалыимæ фæс- къулы дидинджытæй дæр æрбахаста æмæ дзы уыдон дæр нып- пæрста. Цыма уыгæрдæны фестадтæи, уый хуызæн фыидзы- хуынчъытæ хæрздæф хъыдзы-хъыдзы кодта. Генæйы змæлдты- тæ мæм афтæ сындæг кастысты, æмæ йæм мæ цæст уыйас дæр нал дардтон. Фынгыл картофы дынджыр тæбæгъ йæ тæф кал- гæ куыд авæрдта, уый зопгæ дæр нæ бакодтоп. Иуцасдæр пе- цы чъылдыммæ цыдæртæ ацархайдта, фæстæмæ фæзынди кон- сервы къоппытимæ. 1 — Байгом сæ кæн,— æмæ мын кард мæ разы æрæвæрдта. Уалынмæ фынгыл фæзыид уырыссаг арахъ. — Ирон арахъ дæр мæм ис...— æмæ мæм фæрсæгау æрба- каст. 28
— Уый бæргæ хуыздæр уаид... Цыдæр æнахуыр хъуыр кæмæн уыд, ахæм дурын фынгыл зерæвæрдта. — Æз дæр нæхимæ арахъ фылдæр уарзын. Мæхæдæг æй рауагътон. — Мæхæдæг, зæгъыс? — 0. — Ахæм хъуыддæгтæ дæр зоныс? — Æмæ йын бирæ хъæуы?! Æз иу-дыууæ хатты цæмæ ба- кæсон, уый мын амонын нал фæхъæуы. Мæ ног сыхæгты ба- фарстон, уыцы хъуыддагмæ дæсныдæр чи у, уый мын бацамо- иут, зæгъгæ, æмæ мæ иу зæронд усмæ бахуыдтой. Иæ тæккæ арахъ уадзгæ йæ баййæфтон. Уый мын дзургæ, æз — хъусгæ æмæ кæсгæ. Дыууæ хатты йæм бацыдтæи. Æртыккаг хатт мæ- хæдæг рауагътон. — Фæрæстмæ? — Ныртæккæ цы нуазæм, уый дæр уымæй у. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз арахъ уадзынæн ницы æмбарын, фæлæ нозтытæй чи кæцы у, уый равзарын базондзынæн. Ге- нæйы нозт мæм хорз фæкаст. Иуæй-иу арахъ сыгъдæг хорæй конд вæййы, фæлæ кæнæ сыгъд ад фæкæны, кæнæ туаг вæййы, кæннод та йæ адæймаг зынæн фæнуазы. Генæйы конд арахъмæ .æппындæр ницы аипп æрхæссæн уыд. Нæ цайæн ныууазал æнхъæл уыдтæн, фæлæ йæ, пецы сæрæй куыддæриддæр æмбæлд, афтæмæй райста. Фыццаг хуыпп дзы куы акодтон, уæд адджын тæф æмæ адджын ад баиу сты. Æв- дадзы хосау уæнгты хъардта. — Дæ минас бирæ уæд, Генæ,— арфæ ракодтон мæ фысы- мæн.— Ахæм адджын хæрд рагæй нал бакодтон. Мæ райгуы- рæн хæдзар мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтай. Фæстæмæ здæхтæн зæрдæхъæлдзæгæй. Элинæйы цур дзы- хъы лæуд кæй нæ разыидзынæн, уый мæ ноджы тынгдæр бауыр- ныдта. Æртыццæджы æфсæивæпдаджы станцæмæ сахат раздæр æрцыдтæн. Поезд æрæджы цы бакæна, æндæр раздæр кæй пæ ссыдаид, уый зыдтон, фæлæ мæм нæхимæ лæууын нал цыд. Иу минут дæр нæ байрæджы кодта. Æвдæм вагон мæ тæккæ цур æрлæууыд. Рудзынгæй Элинæйы ауыдтон. Цыдæрхуызон æн- къард мæм фæкаст. Кæйдæр бæстæмæ кæй ссыд, уый æмбæр- стон, фæлæ йын утæппæт адæмы астæу иу адæймаг æцæгæлон кæй нæ уыд, уымæй йæхицæн фидар ныфс цæуыннæ ’вæрдта? Æви иууылдæр æцæгæлопыл нымад чи у, уыдоны æхсæн иунæг хионыл дæр уыйас æууæнк нæ вæййы? Цыма йæ цæсгомыл цы сагъæстæ уыд, уыдоны аххосджын æз уыдтæн, афтæ мæм фæ- каст. Вагонмæ схизæп асины цур æппæты разæй лæуд фæдæн. 29
Куыддæр мын схизыны фадат фæци, афтæ фæмидæг дæн. Эли - нæйы мæ хъæбысы акодтон, йæ хæссинæгтæ йын фелвæстоп æмæ мидæмæ цæуджыты ныхмæ алæгæрстон. Тыххæй-фыдæй:, фсдде стæм. Чумæдан иуфарсмæ ахастон æмæ Элинæйы къух нылхъивгæйæ загътон: — Гъер алы бон æгас цу Ирыстоны зæххыл!! Элинæ фæхъæлдзæгдæр, фæлæ йæ цæсгомыл худын нæма- фидыдта. — Цæуыл æнкъард дæ? — Нæ дæн. — Æви мæнмæ афтæ кæсы? — Æвæццæгæн... — Уæдæ фæцæуæм. — Фысымуат мын ссардтай? — Ссардтон. Стæй куынæ ссардтаин, уæддæр æдде пæ баз- задаис. Элинæ æнæбары бахудт. Фысымуатмæ куы бацыдыстæм æмæ йæ уатыл йæ цæст куы ахаста, уæд йæ цæсгом фæрухсдæр. — Минæварады хæдзар бæстæйы зæххыл нымад у, уый зо- ныс? — бафарстоп Элинæйы. — Фехъуыстон æй. — Ды дæр, æвæццæгæн, фысымуат Ленинградыл нымайысг æмæ йæ къæсæрæй куы ’рбахызтæ, уæд уæхимæ фестадтæ æмæ- уый тыххæй фæхъæлдзæгдæр дæ? — Чи зоны,— йæ мидбылты бахудæгау кодта Элинæ. — Иу курдиат мæм ис. — Цавæр? — Ирыстоиы иунæг къуым дæр дæхицæи æцæгæлопыл мгг нымай. — Хорз. — Писмоты мæм цытæ фыстай, уыдон дæ ферох сты? — Мæнæй ницы рох кæны. Стæй, цы фыстон æмæ цы дзу- рып, уыдонæй иу дæр мæнг пæу. — Ирыстон дын зынаргъ кæй сси, уый дæр? — Æнæмæиг. — Уæдæ Ирыстон дæуæн зынаргъ кæй у, уый тыххæй ды мæпæи ноджы зынаргъдæр кæй дæ, уый дæр æмбар. Æмæ дын фыццаг ба кæнын уый тыххæй. Элинæ йæхи æфсоны сайд фæкæнынмæ хъавыд, фæлæ йып дзы ницы рауад. Мæ хъæбысы йæ акодтон æмæ нын йæ был- тæн дæргъвæтин ба ныккодтоп. Куынæуал . æй уагътон, уæд й&хи атыдта æмæ кæсæнмæ бакæсгæйæ сдзырдта: — Мæ былтæ мын сцъæх кæидзыиæ... — Ахорæн сæ хос. 30
— Дæ фæстæ ахорæн ницыуал феххуыс кæны, уый нæ зо-- ныс? — Нæ зонын. Кæд мæ æндæр искæимæ æмхæццæ кæныс?" Элинæ мæм тызмæгхуызæй æрбакаст. Мæхи раст кæнынмæ фæдэен: — Хъазгæ кодтон... — Æз ахæм хъæзтытæ не ’мбарын, уый нæма базыдтай?' — Нæ бафæлладтæ? — иыхас иннæрдæм аздæхтоп æз. — Тынг нæ. — Уæдæ уал иучысыл баулæф, æз дæм фæстæдæр зындзы- пæн. Æви уал хæргæ бакæнæм? — Æххормаг мыи пæу. — Кæд дæм æрбацæуон? — Кусынмæ цæуын дæ нæ хъæуы? Дæсæм сахат куы у?' — Мæ куысты мæт ма кæн. Кæд дæм æрбацæуон, уый зæгъ. — Кæд дæ равдæла, уæд сахат æмæ æрдæджы фæстæ... — Хорз. Сахат æмæ æрдæджы фæстæ ам уыдзынæн. Мæ куыстмæ ацыдтæи. Уыцы бон газет цыди æмæ, мæнæГг аразгæ цы уыд, уыдои бакодтон. Иунæгæй куы аззадтæн, уæд мын, цы хорздзинад мыл æрцыд — хорздзинад мыл кæй æрцыд, уый та, цы хорздзинад мыл æрцыд, ууыл нæ хъуыдыгæнгæйæ дæр æмбæрстон — ууыл бацин кæныны фадат фæцис. Элинæимæ пæ базындыл цас фылдæр рæстæг цыд, уый бæрц мæ дисы тынгдæр æфтыдта. Фыццаг хатт æй куы федтон, уæд мæм ахæм æрыгон фæкаст, æмæ йын нæ азтæ мæ азтимæ аба- рын мæхинымæр дæр пæ уæндыдтæн. Мæхицæй йæ бирæ æры- гондæр хуыдтон, афтæмæй та мæ æхсæз азы кæстæр йеддæмæ нæ уыд. Авд æмæ ссæдз азы цы чызгыл рацæуы, уый сывæл- лоныл нымад нал вæййы, Элинæ та мæм иу æмæ ссæдз-дыууæ ’мæ ссæдзадзыдæй хистæр нæ фæкаст. Куыннæ фембæлдаид лæппутыл, куыннæ йын фембæлдаиккой йæхиуыл дæр, фæлæ- дзы никæуыл йæ цæстæнгас æрхæцыд, иикæй дзы æрбахæстæг кодта йæхимæ. Афтæмæй царди. Иæхæдæг никæмæ каст, чи йæм каст, уыдон дæр нæ уыдта. Цалыпмæ мæныл амбæлд, уæдмæ йæ рæсугъддæр æнкъарæнтæм хур никуы бакаст, кæд сæм-иу каст, уæддæр сæ батавын йæ бон никуы баци. Ис ахæм адæймæгтæ, йæ зæрдæйы дуар иу хатт йеддæмæ- кæмæн нæ байгом вæййы. Йæ рæбинагдæр къуымы быпат чи ссары, уый дзы æнусмæ цæргæйæ баззайы. Сæ амонд баиу вæй- йы .æви нæ, уый нæ нымайгæйæ. Æнæкуырдæй цы бирæ хорз- чызджытæ баззайы, уыдонæн сæ фылдæры фыццаг уарзондзи- нады азар басудзы. Сæхицæп аккагыл кæй банымайынц, æп- пæтæй хуыздæрæн кæй равзарынц, уымæй æнæхай куы фæвæй- йынц, уæд сæ ничиуал фæхъæуы æмæ сæм иунæгæй цæрьш хуыздæр фæкæсы. Уыцы хъуыдытæм мæхæдæг не ’рцыдтæн. 31
Кæмæйдæр сæ фехъуыстон, фæлæ мæм раст фæкастысты. Тæр- сын, Элинæ дæр афтæ хъуыдыгæнджытæй куы разына, уымæй. Цал хатты мæ баууæндын кодта йæ сыгъдæгдзинадыл! Цал хатты ацыд йæ рухс æнкъарæиты фæдыл! Нæ йæ фæтæрсын кодта фæндаджы дæргъ. Ницæмæ æрдардта йæ сæрыстырдзи- над. Иæ уарзондзинад æм алцæмæй дæр уæлдæр æвæрд ра- зынд, æмæ йæ чызгон кадыл дæр уымæн нæ бацауæрста. Афтæ мæм кæсы, цыма йын йæ цард дæр уарзондзинады хуызæн зы- наргъ нæу. Кæд-ма йын цард зынаргъ у, уæд æрмæстдæр уы- мæн æмæ йæ уарзондзинадмæ кæй æрхуыдта, цалынмæ æппæ- ты тыхджындæр æнкъарæн банкъардта, уæдмæ йæ боны рухс и<æй нæ ахуыссыд... Куыд баныхас кодтам, афтæ Элинæмæ сахат æмæ æрдæ- джы фæстæ фæзындтæн. Ирыстонмæ куы ссыд, уæд ыл аивæй мæ цæст æрхастон, кæд — цынæ вæййы! — мыййаг, сывæрджын у, зæгъгæ, фæлæ йыл ницæмæй фæгуырысхо дæн. Фысымуаты мæм æндæр дзаумæтты хæрзхуыздæр фæкаст, æмæ йыц загътон: — Æнхъæлцауы хуызæи мæм кæсыс! — Уæлдæфæй? -— Цæмæн уæлдæфæй?.. — Зымæг афтæ хæрзхуыз вæййын. — Зымæг кæд æмæ кæд фæци! — Ныридæгæн дæр къæсхуыр кæнынмæ фæдæн, ма тæрс! — Ресторанмæ уал цом, стæй нæ дарддæры хабæрттыл ба- ныхас кæндзыстæм. Мæ зонгæ официанткæтæ — цыма дзы мæ зонгæ та кæцы нæ уыди! — мын цингæнгæйæ салам лæвæрдтой. Чызгимæ мæ сæ :къæсæрæй бакæсгæ никуы федтой æмæ сæм диссаг каст, алæма, нæ лæг йæ цæст кæуыл æрæвæрдта, уый цавæр у, зæгъгæ. Ин- нæмæй та сын æхсызгон уыд, кæуылдæр кæй барвæссыдтæн .æмæ æппынфæстаг мæ бынатæй кæй феггуырсдзыыæн. Иу та-ма мæм дзы суанг йæ къухы хистæр æнгуылдз дæр хæрдмæ фæ- хьил кодта, хорз у, зæгъгæ. Уайтагъд нæ разы фынг арæвдз. Элинæмæ диссаг фæкаст, .æнхъæлмæ кæсын нæ кæй нæ бахъуыд, уый. — Алы хатт дæр афтæ рæвдз фæархайынц? — официанткæ- •ты ’рдæм ацамонгæйæ бафарста Элипæ. — Чызгимæ куы ’рбацæуын, уæд алы хатт дæр — афтæ. Элинæ, мæ ныхæстæм цы цæстæй ракæсдзæн, уый рага- цау дæр æмбæрстон æмæ йын йæ хъусы бадзырдтон: — Хъазгæ кæнын. 1 — Кæд æцæгæй дзурыс, уæддæр цы бæрæг и... — Æцæг афтæ куы уаид, уæд æй дзургæ кæнин? Чызгимæ .æрбацæугæ мæ никуы федтой æмæ сып æхсызгон у. 32
— Æнæ чызгæй та дæ арæх фенынц? — Æппынкъаддæр бон иу хатт. Хуыцаубонæй фæстæмæ. Хæрынмæ ардæм фæцæуæм: Иу дынджыр дзаджджын уæлибæх скæнын кодтон æмæ йæ куы рахастой, уæд æй æрлыгтæ кодтон. Элинæйы раз дзы иу карст æрæвæрдтон æмæ йæм дзурын: — Фен-ма йæ, кæддæра дæ зæрдæмæ нæ фæцæуид? — Цы хуыйны ацы хæринаг? — Уæлибæх. — Цæмæй конд у? — Хыссæ æмæ цыхтæй. — Тынг хæрзад у,— куы дзы акомдзаг кодта, уæд загъта Элинæ.—Хъырымы Зауырбегтæм цы хордтам, уый.та фыдджын хуынди? — О. Мæлæты хорз æй нæ бахъуыды кодтай! Ныртæккæ нын фыдджын дæр рахæсдзысты. Официанткæ цыма мæ ныхæстæ фехъуыста, уый хуызæн фыдджыны чъири йæ тæф калгæ нæ разы авæрдта. Нæ уæли- бæхы нæлхæйæ ма цы хай аззад, уымæй йын йæ сæр айсæр- стон. Æрлыг æй кодтон æмæ дзы Элинæйы раз æрæвæрдтон. — Уый бæрц чи хæры! — Фен-ма дзы. Ацы ранæй хуыздæр никуы кæнынц фыд- джын. Хæдзары, кæй зæгъын æй хъæуы, хæрзаддæр вæййы, фæлæ... — Уæртæ къуымы чи бады, уыдон уын æрбарвыстой,— нæ уæлхъус алæууыд, нæ чъылдыммæ цы фынгтæ уыд, уыдонæн лæггадгæнæг официанткæ. Нæ разы нын шампайнаг сæны авг æмæ къафетты къопп æрæвæрдта. Аивæй фæстæмæ акастæн æмæ æппæты рæбынæй мæ зонгæ лæппуты цалдæрæй бадгæ ауыдтон. — Гъер уыдон ницы сты! — сдзырдтон фæстæмæ разил- гæйæ.— Кæуылты ’рбацыдысты, уый дæр куынæ федтон! — Кæмæй зæгъыс? — Хуын æрбарвитджытæй. ~ Чи сты? — Мæ зонгæтæ. Шампайнаг сæны авг гом кæнгæ æрцыд. — Чи йæ нуазы? — стыхст Элинæ.— Иннæ дæр-ма æнæхъæн куы у. — Лæппутæн арфæ ракæиын хъæуы. — Мæнæ сын амæй цæуыннæ арфæ кæныс? — Афтæ нæ вæййы. Кæд мах æрбацыдмæ дæр бадгæ кодтой, зæгъгæ, мæхиуыл сдызæрдыг дæн. Сæ нуазæнæн сын æгъдау раттын хъуыд æмæ 3 Мах дуг № 3 33
куы байрæджы уа, уымæй тæрсгæйæ нæхи офнцнапткæмæ фæ- дзырдтон æмæ сын иу арахъы авг арвыстон. Фæссихор проспектмæ рацыдыстæм. — Нæ горæты ацы уынгæй рæсугъддæр нæй! — загътон Эли- нæйæн æмæ уал уый фенæм. Куыд зæгъыс? — Дæу куыд фæнды, афтæ. — Уæдæ ам дæлæмæ цом. Элинæ куынæма ссыд, уæд мæм цы хъуыдытæ уыд, уыдон фæцыдæр сты. Йæ фарсмæ цæуын нæ уæнддзынæн, зæгъгæ, æнхъæлдтон, фæлæ дзæгъæлы. Уый нæ, фæлæ-ма мыл фылдæр зонгæтæ куы ’мбæлдаид, уый дæр мæ фæндыди. — Ленипграды сæйраг уынг мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта,— загъта Элинæ хæдзæрттæм кæсгæйæ. — Невайы проспект? — О. Уым дæр ахæм тымбыл цырæгътæ ис. Æцæгæй! Махмæ æрæджы фæзындысты. Сæ хуылфы уынджы ном æмæ хæдзары номыр фыст. Нæ горæты хицæуттæй, æвæц- цæгæн, исчи Ленинграды уыд æмæ Невайы проспекты цырæгъ- тæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты... — Ноджы Невайы проспект æмæ уæ проспекты номы дам- гъæтæ æмбæрц сты æмæ цырагъы зиллаччы бацыдысты. Нæ проспект Невайы проспектмæ дæрддзæгæй куыд дард у, рæсугъддзинадæй дæр хæстæгдæр нæу, фæлæ... — Тынг рæсугъд хæдзæрттæ дзы ис. Иу дзы иннæйы хуы- зæн нæу. Кæннод сæ балкъонтæ та? Алкæмæн дæр дзы йæхи цæсгом ис. — Раздæр ноджыдæр рæсугъддæр уыдаиккой, фæлæ сæм фаг зылд кæй нæ цæуы, уый аххосæй бирæ цауддæрæй зынынц. Стæй дзы, хæсты фæстæ цы цалдæр хæдзары сарæзтой, уыдон æй æвидауц кæнынц. Цыма сгæллад цухъайыл цæрмыи æмпъу- зæн бахуыдæуыд, уый хуызæн. — Уæртæ уымæй зæгъыс? — проспекты кæропмæ æввахс авг æмæ бетонæй арæзт хæдзармæ ацамыдта Элинæ. — О. Стæй-ма дзы ахæмтæ иу-цалдæр ис. Дæхæдæг сæ фен- дзыпæ. Кæннод-ма дæлæ кæронæй цæхгæрмæ цы хæдзар са- мадтой, уымæ кæс! Цымæ цавæр архитекторы сæры сæвзæрд уым хæдзар саразын? Афтæ мæм кæсы, цыма проспектæи йæ бон сулæфын нал у. Иу ахæм агъуыст та-ма йæ уæллаг кæрон сарæзтой. Уый дæр йæ тæккæ сулæфæн бынаты. Иуæй, фыдынд у, иннæмæй та хæхтæ йæ фæстæ бамбæхюта æмæ адæймаг йæ рæзты æнæ хъуыр-хъуыргæнгæ никуыма ацыд. Иссæйы цыртдзæвæнæй фæстæмæ раздæхтыстæм. Элипæ- йæн Иссæйы тыххæй радзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ йын йæ цыртдзæвæн куы ауыдта, уæд йæхæдæг фæраздæр. Аивадон музеймæ бацыдыстæм. Къостайы нывтæ сæ къамтæм гæсгæ I 34
зыдта. Зонгæ уыди Махарбеджы сфæлдыстадимæ дæр, фæлæ пывтæн сæхи куы федта, уæд æм бынтон æндæрхуызон фæкас- тысты. — Тугъанты Махарбеджы хуызæн нывгæнæг æндæр адæм- мæ куы уаид, уæд дзы сæ сæр бæрзæидты хæссиккой! — «Нар- ты куывд»-мæ бирæ фæкæсыны фæстæ загъта Элинæ. — Мах дæр дзы стæм сæрыстыр. — Уый зонын, фæлæ йæ хъуамæ иннæ адæмтæ дæр сымах хуызæп зониккой. —% Бæргæ афтæ хъуамæ уаид, фæлæ мах уыциу рæстæг æгуыдзæг дæр стæм æмæ фыриымд дæр. Стæй нæм аивадиртас- джытæ дæр фаг нæй. Бацыдыстæм бæстæзонæн музеймæ ^дæр. Элинæ музейтæ афтæ бирæ уарздзæн æмæ йæм ахæм цымыдисдзинад сæвзæ- рын кæндзысты, уый æпхъæл иæ уыдтæн. Дыккаг бон-ма ирон литературæйы музей дæр федтам, стæй Генæимæ хæхтæм абалц кодтам. — Кæд уæ фæнды,— загъта Генæ,— уæд Хъобангомыл ацæ- уæм. Уырдыгæй — Дæргъæфсмæ. Æфцæгыл Куырттаты коммæ ныххиздзыстæм. Куыд зæгъыс, Хъазыбег? — Ды фæндæгтæ хуыздæр зоныс. Мах Элипæимæ нæхи дæ бар кæнæм. Æццæй нæ, Элинæ? Элинæ йæ мидбылты бахудт. — Уæдæ Хъобанмæ фæцæуæм. Куыддæр коммæ бахызтыстæм, афтæ Генæ дзурын райдыд- та. Иу хох, иу дон нæ ауагъта. Алкæцыйы тыххæй дæр æм уый бæрц хабæрттæ уыд, æмæ йæм адæймаг хъусынæй не ’фсæст. Ноджы Элинæ ахæм хæхтæ никуыма федта æмæ уыциу рæс- тæг дис дæр кодта æмæ тæрсгæ дæр. Мæхи мыы мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Кæддæр, фыццаг хатт хохмæ мæ мады ’рва- дæлтæм куы цыдтæн æмæ-иу машинæ допы сæрсæфæи был- гæрæтты куы фæцæйтахт æмæ-иу хауыпæй тæрсгæйæ мæхи къæдзæхмæ куыд нылхъывтон, уый хуызæп-ну Элинæ дæр æмуырдыг бæрзоид былгæронмæ хæстæг йæхи къæдзæхмæ пыз- зылын кодта. Бирæ диссæгтæ нын радзырдта Генæ, цалыпмæ йæ хæдзар- мæ бахæццæ стæм, уæдмæ. Немæ физонæггаг ахастам. Уыдис нæм нозт æмæ æндæр хæрииæгтæ дæр, фæлæ уæддæр хæдзары хицау йæ рæбынтæ æпæвнæлдæй нæ ныууагъта. Иæ цæуын афон куы ’рхæццæ, уæд æфсæрмы кæпын рай- дыдтои. Уымæй размæ Элипæимæ мæхи иу ран дæр къæмдзæ- стыджы уавæры пикуы банкъардтон. Нæдæр уынджы, иæдæр хæрæндоны, нæдæр фысымуаты. Дыууæйæ нын иумæ зайгæ куы ’рцыд, æрмæстдæр уæд бамбæрстон, кæмдæр-цыдæр раст кæй пæу, уый. Æвдисæнтæ пын куынæ уыдаид, уæд мæхимæ 35
ницы азым æрхастаип, чи пикуы æрцыд, ахæм хъуыддагæй дзы кæй ницы уыд, уый тыххæй. Генæйы ацыды фæстæ мæ хъизæмайраг уавæрæй фервæз- тæн. Мæ фæстæмæ æрбаздæхынмæ Элинæ къуымы сагъæсхуыз цæсгомимæ лæууыди. — Цы кодтай? — Ницы. — Уæдæ æнкъард цæмæы дæ? — Ды дæр æнкъард уыдтæ. — Кæд? — Абондæргъы дæр, стæй ныр дæр. — Чи дын загъта? — Уынын æй. — Уый дæм афтæ фæкаст. Йæ цуры æрлæууыдтæн, уый йæхи иннæрдæм кæсæг скодта. — Ацырдæм-ма разил. Элинæ æнæзмæлгæйæ лæууыд. — Дæумæ дзурын! — Цæуыл хъуыды кæнын, уый дыи зæгъон? — Зæгъ. — Генæ мæн тыххæй цы ахъуыды кæндзæни, ууыл. — Цы хъуамæ ахъуыды кæна? — Исты хæлд сылгоймаг мæ фæхондзæн... — Цæмæн? — Уæдæ мæ æпдæр цы фæхонæн ис? Кæцæйдæр йæхи къа- хæй чи ссыди æмæ кæйдæр лæппуимæ кæйдæр хæдзары чи баззад, уый тыххæй хорз ахъуыды кæнæн куыд ис? — Элинæ, уыдæттыл ма дзур. — Кæд æцæгæйдæр Генæ мæныл йæхинымæр худы æмæ мыл былысчъилтæ кæны, уæд мын тынг зын у. Мæхимæ, иуæй æгад кæсын, ипнæмæй мæ зæрдæ риссы, дæумæ цы æнкъарæн- тæ дарын, уыдонæн афтæ бамбарæн кæй ис, уый тыххæй. Гепæ ницы аххосджын у. Чи зоны, хъуыддæгтæ куы ’мбарид, уæд мæм æндæр цæстæй кæсид. — Æвзæр цæстæй дæм нæ ракасти. — Уыцы цæстæпгасы æвзæрæй ницы уыди. Фæлæ, зæгъын, кæд йæхинымæр мæныл худы, уæддæр æм æз нæ мæсты кæпын, уымæи æмæ Генæ мæн иу бон йеддæмæ нæма зоны. Уымæн, чи зоны, æмæ йæ фæсонæрхæджы дæр пæй, æз æмæ ды мах абон иунæгæй кæй баззадыстæм, уый мæ царды тæккæ сæйраг- дæр æмæ ахсджиагдæр хъуыддагимæ баст кæй у. Дæуæп иæ зонын, фæлæ йæ æз афтæ иымайын. Дæуæй дæр, Хъазыбег, уьщ курæг дæн, æмæ мæн тыххæй æвзæр макуы ахъуыды кæн. Макуы мыл фæхудæд дæ зæрдæ. Мæ уд, мæ зæрдæ дæуæн снывонд кодтон. Ницы дын бахæлæг кодтои, цы мæм уыд, уый дын иууылдæр радтон! 36
— Цæмæн мын дзурыс уыдæттæ? Нæ дыл æууæидын æвй цы?! — Бахатыр мын кæн, кæд цы не ’мбæлд, ахæмæй исты загъ- тон, уæд. Æз мæхæдæг дæр Генæйы цур мæхи цы фæкодтапн^ уый иæ зыдтон æмæ-ма дæу уыцы æнкъардæй куы федтон, уæд зæххы скъуыды ныххауыныл дæр разы уыдтæп. Элинæйы æикъараг зæрдæйæ пицы аирвæздзæн. Мæ уавæр’ мын афтæ раст бамбæрста, æмæ йын уæлдай зæрдæвæрæн ны- хас зæгъынæй дæр тарстæн. — Уыдæттæ хорз, фæлæ ахсæв тæрсдзыиæ, æви нæ? — Æз дæуимæ никуы пицæмæй фæтæрсдзынæн, — Суаиг хохы дæр? — 0... XII Алмахситмæ дыккаг бон рынчыпфæрсæг куы цыдтæп, уæд мæ фæндаг Дзерассæйыл акодтон. Ахæм хабæрттæ йын куы пæ фæзæгъын, уæд ып хъыг вæййы. Алмахситты уавæр базонгæйæ мемæ фæцæуæг, æз дæр, дам, æй абæрæг кæнон. — Алмахситт дæрнал бæззы,— тыхстхуызæй сдзырдта Дзе- рассæ, хъæумæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд. — Алмахситт Алмахситт куы уыди, уæд уыди. — Афтæмæй йыл уыйас бирæ дæр нæма цæуы. — Йæ карæнтæ нырма хисты дæр æмæ куывды дæр сæ иу пуазæн дæр фæстæмæ нæма^ аздæхтой, мæ мады æфсымæр та фыхдон йеддæмæ ницыуал нуазы. — Алмахситт цы хуызæн лæппу уыд, уый зоныс? Хъазты- иу æм адæм кæсынæй не ’фсæстысты. Цин æмæ хъыг æфсымæртæ кæй сты, уый æрвылбоны цар- ды дæр æицон раиртасæп у. Иуæй, мæ хæрæфырты хъуыддæг- ты мæхи баифтыгътон, инпæмæй та — Алмахситты уавæр. Иу йæ цард аразы, иннæ та, цы бауыдзæн, уый бæрæг нæу. Ал- кæмæн дæр йæхи хъысмæт ис. Иу райгуыры, иннæ йæ амонд агуры, аннæ та йе ’нусон фæндагмæ æнхъæлмæ кæсы. Чи рай- гуыра, уыдоны хъысмæт иу фæидагыл цæуы. Авдæны гуыртт- гуырттæй чырыны зæгæлтæ хойынмæ у нæ алкæй æмгъуыд дæр. Мæлæтæй аирвæзæн никæмæн ис. Цардæн фæдаргъдæргæнæн ис, ис ын фæцыбырдæргæнæн дæр, фæлæ йын мæлæты иуфæр- сты ацæуæн нæй. Алмахситты дзæбæхдæрæй баййæфтам. — Нæ йæ зыдтон, æндæр дæм æнæ Хъазыбегæй дæр æр- бауадаин,— йæхи рæстытæ кодта Дзерассæ. — Ома йæ цæмæй зоыай, куы ничи дын фехъусын кæна, уæд,— Алмахситт, йæ базыл уæлдæр схæцыд æмæ махырдæм разылд. 37
— Дæ лæппу ахуыр иæма фæци? — Ацы аз ма йæ хъæуы. — Суинаг лæппу у, йæ цæрæнбон бирæ уæд. — Хъуыддаг кæнын ын нæ зæрды ис... — Æмæ цы кæны! Æгайтма, æгайтма... Алмахситт мыл йæ цæстытæ æрхаста. Зæгъгæ ницы кодта, фæлæ мын цыма уайдзæф кодта, афтæ мæм фæкаст. Мæ мады æфсымæрæй иу тызмæг ныхас дæр нæ зонын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хорздзипадмæ бæллы, фæнды йæ, ме ’мгæрттæй фæс- тæдæр куы никæцы хъуыддаджы баззаин, уый, фæлæ мын æр- гом иикуы ницы зæгъдзæн. Не ’хсæн цы ахастдзинæдтæ сæв- зæрд, уыдон ын ахæм бар нæ дæттынц. Æнæ дзургæйæ кæрæ- дзийы цы хъуыддаджы иæ бамбарæм, ахæм пæма уыд. Уай- дзæфы каст мæм æрбакодта, зæгъгæ, дæр дзæгъæлы ахъуыды кодтон, уымæн æмæ мæ Алмахситт æмбары. Уал æмæ йæм уал азы мæн тыххæй уайдзæф никуы æрхауд. Кæй мыл æууæндыд, уый тыххæй йæм фæсмоп никуыма æрцыд. Хуыцауæхсæв Дзерассæтæм хæстæджытæ æрбамбырд сты. Хъуыддаг минæвæрттæ æрвитыны онг æрхæццæ, уæддæр мæ нæма уырныдта, Аслæибег усгурæй агæпп ласта, уый. Ахæм уавæры-ма уыдтæн, Темырхъан Мæдинæты скъæфынмæ куы хъавыди, уæд дæр. Дзерассæмæ иу хорздзинад цы ис; ныфсджыи у. Дызæрдыг пицæуыл кæны. Цыфæнды хъуыддаджы цур дæр йæхи иых- къуырдæй нæ равдисдзæн. Мипæвар куы цыдыстæм, уæд дæр ахæм ныхæстæ кодта, цыма хъуыддаг арæзт у, æрмæст-иу дыу- уæ-æртæ æфсоны уады бакæнып хъуыди æмæ чындзæхсæв ацæттæ уыдзæи. Уæвгæ мæнгæй ницы загъта. Чызг æмæ лæп- пу кæрæдзийы куы æмбарой, уæд дзы уæлдай дæргъвæтин ра- дзур-бадзуры сæр нал фæхъæуы, фæлæ уæддæр фæткы сæрты хизæн нæ уыд. Алчидæр йæхи бæрзонд кæныныл архайы. Дзæ- гъæлы нæ фæзæгъыиц, чызгджын тыхджын у, зæгъгæ. Цыфæн- ды зын хъуыддагæн саразæн куыд ис, афтæ цыфæнды æпцои хъуыддагæн та фехалæн ис, мах дæр цæттæ хъуыддаг сара- зын хъуыд. Нæ фыццаг цыд фæрæстмæ. Хорз цæстæй нæм ракастысты. Уæдæ пæ æиæдзуаппæй дæр нæ рарвыстой. Ахæм замап куыд вæййы, афтæ сæхи ницызонæг скодтой. Нæ хиуæтты фенæм, зæгъгæ, загътой, иæ хæстæджыты афæрсæм æмæ уын иипæ хатт бæлвырддæр дзуапп ратдзыстæм, зæгъгæ, нын зæрдæ ба- вæрдтой. Уымæй бæлвырддæр дзуапмæ æнхъæлмæ дæр пæ каЬтыстæм, бæлвырддæр дзуапп нын куы радтаиккой, уæд та нæ зæрдæмæ нæ фæцыдаид. Мæ иу зопгæйæп æртæ усы уыди, афтæмæй мæнæй цалдæр мæйы кæстæр уыд. Ахæм цыдæр хуырымгонд у æмæ-иу дзы 38
лæппутæ арæх сæХицæн ирхæфс&н ацарæзтой. Æз дæр-иу æм хаттæй-хатт хъазæн иыхæстæ сфæрæзтон. Никуы мыл пицæмæй фæгуырысхо æмæ йæм уæндонæй-уæндондæр кодтон. Иæ æр- тыккаг усимæ дæр та йæ хъуыддаг куынæ ацыд, уæд æй ба- фарстон, цæмæн ахицæн стут, зæгъгæ. Æмæ мын ахæм хабар радзырдта, фыццаг хатт бацæуыны фæстæ нын разыйы дзуапп кæй радтой, уый тыххæй, дам. Ау, æмæ, зæгъын, раздæр кæм уыдтæ? Æрæджиау, дам, мæм бахъардта. Мæ зонгæ сæ тæк- кæ зондджынтæй нæ уыди, фæлæ-ма суанг уый зæрдæмæ дæр нæ фæцыди, æгъдаумæ цыдæр къухбакæиæн кæй разынди, уый. Иннæ хабар та нæхи æрвадæлтыл æрцыди. Уыдои дæр ми- нæвар арвыстой, чызгæй сæ ныфс уыди, афтæмæй. Минæвæрт- ты хистæр нæхи мыггагæй уыди. Сæртæггомау. Кæм цы зæгъын хъæуы, уый-иу кæмæй ферох, ахæм. Гъе æмæ цы хъуыддаджы фæдыл бацыдысты, уый раргом кæныны рæстæг куы ралæууыд, уæд фысымтæн сæ ныхас загътой. Разыйы дзуапп сын куыд хъуамæ радтаиккой! Уый уазджыты хистæры зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ сыл бустæй куы ралæууид, мах, дам, уæм æфсо- ны цыд æрбакодтам, æндæр, дам, лæппу æмæ чызг ныхасгонд сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæстæ сызмæсти. Уыцы æхсæв сæ цыд кæй фæдзæгъæл, уый иу бæллæх уыди, фæлæ хъуыддар æнæхъæнæй дæр фехæлди. Мах цыдтытæй фыццаджы хуызæп дæр ничи рауад æм.æ дыккаджы хуызæн дæр. Æртыккаг цыдæи бафидыдтам. — Нæ уын дзырдтон, хъуыддаг цæттæ у, зæгъгæ,—• фæуæ- лахизуæвæджы хъæлæсæй загъта Дзерассæ. — Ныр афтæ х’ьæбæрдзых кæй дæ, уымæн бамбарæн ис,— нал æм фæлæууыдтæи æз,— уымæн æмæ хъуыддаг æцæгæйдæр арæзт у, фæлæ фыццаг хатт куы цыдыстæм, уæд та цæуыл дæ зæрдæ дардтай? — Сымахыл! — Хуыцау хорз, æмæ дæ дзуапп мæ зæрдæмæ фæцыд, æн- дæр дын де ’фсымæры хабар радзурынмæ хъавыдтæн. — Цавæр æфсымæры? Æмæ йын не ’рвадæлты минæвары кой ракодтон. — Æмæ уый рагæй дæр тентекк куы у. Минæвар æй чи ’рвыста, уый та уымæй æдылыдæр! — поджы ныфсджындæрæй загъта Дзерассæ. — Цæттæ кæнын уæ хъæуы,— бæлвырддæр хабæрттæм ра- хызтæн æз,— Рæстæг бирæ нал баззад. — Иууылдæр рæвдз сты, кусæрттагæй фæстæмæ,— зæрдæ мын авæрдта Дзерассæ, афтæмæй та йыы зæрдæтæ хъуамæ æз æвæрдтаин. — Кусæрттаг æппæты сæйрагдæр кæй у, уый дæ рох ма уæд. 39
— Сæйрагдæр у, сæйрагдæр æмæ рагацау нæ лæджы хойы лæппуйæн уымæп бафæдзæхстон. Дæлæмæ фос ласынмæ ацыд æмæ йæ райсом кæнæ иннæбон ардæм хъæуы. — Афтæмæй куыиæ сласа, уæд та? — Афтидæй никуыма ссыди. Æппын куы ницы уа, уæддæр, дам, сымах кой бакæндзынæн. Дзерассæйы лæг куы ницыуалхуызæн уыд, уæд дæр-ма йæ зæрдæ йæ лæппуимæ дзырдта, ахуыр, дам-ма, уæддæр куы фæуыдаид. Ныр ахуыр нæма фæци, афтæмæй-ма хъуыддаг дæр бакодта. Айфыццаг-ма Алмахситт дæр йæ тыхст рынчыны заман йæ кæстæр лæппуйы кой афтæ кодта, ус, дам-ма куы ракуырдтаид, уæд, дам, мын æнцондæр мæлæн уыдаид. Адæймаг цасфæнды куы фæцæра, уæддæр ын æнæкондæй кæцыдæр хъуыддæгтæн æнæбаззайгæ нæ вæййы... Сабаты иууылдæр æрцыдыстæм. Дунетхан та Зелимы дæр йемæ ракодта. Иу ранмæ дæр æнæкъæдзилæй нал цæуы. Рай- сомæй раджы рацыдыстæм. Фæкæсын сæм хъуыд æмæ хъуамæ сæ уæлхъус балæууыдаиккам. Сыхбæстæ ахæм заман æппæты сæйрагдæр архайджытæ вæййынц æмæ сæ тæккæ æнæвдæло- нæй ныййæфтам. Нæ иыццыдмæ кусарт конд уыди. Мæ хæрæ- фыртты хæрæфырт замманай гал сласта æмæ йæ сæ тæккæ стигъгæйæ ныййæфтам. — Æрæджиауы хосдзау дæр-ма хосдзау вæййы,— алхыскъ мæ кодта сыхæгты лæппу. — Хъуыддæгтæ аразæг Хъазыбег куы уыди, уæд ын цы уайдзæфтæ кæныс? — мæ бæсты йын дзуапп радта, кардимæ чи архайдта, уыцы лæг. Дзерассæты сыхæгты цæсгомæй зонын, фæлæ сын сæ нæмт- тæ нал фæхъуыды кæнын. Исты змæлд сæм куы вæййы, уæд дзы, зæгъæн ис, æмæ æдзухдæр уыциу адæм фæархайы. Иæ но- мæй дзурын мæ дзы кæмæ бахъæуы, уымæй мæхинымæр феф- сæрмы вæййын, уымæн æмæ йæ нæ фæзонын. Ноджы мæм уыдонæй алчидæр мæ номæй фæдзуры. Чындзхæсджытæ куы ацыдысты, уæд кæрты чысыл фезмæ- лæн фæци. Федыхстдæр сты æфсинæй, лæггадгæнæгæй, уазæ- гæй. Бæди æмæ Дунетхан уазджытыл нымад уыдысты, афтæ- мæй фæсте никæмæй баззадысты. Куы-иу иу ран февзæрды- сты, куы — иннæ ран. Дзерассæйы, чындзхæссæг куы ацыдаин, уый фæидыд, фæлæ йын не сразы дæн. — Сæ цæстытæ мæ сцъæх сты, уæд-ма сæм цыппæрæймаг хатт дæр бацæуон? 1— Омæ дæ куыд фæнды, афтæ,— тыхдзырд мæм нал скодта Дзерассæ. — Алмамситтæм дæр барвыстон. — Дзæбæх куы уыдаид, уæд бæргæ æрбацыдаид... * ; 40
— Зонын ын йæ уавæр, фæлæ йæм барвитын мæ хæс уыдм. Уый йæ фырттæй искæмæн хъуыддаг куы кæиа, кæиæ йæ чыз- джытæй искæй куы ’рвита, уæд мæ рохгæнинаг у? Чындзы — Дзерассæ дзыццайы афтæ хуыдта,— цæгатимæ цæрæнбонты дæр иу бинонты хуызæн фæцардыстæм. Алмахситтæ æмæ Дзерассæтæ кæрæдзийы кæй пæ рох кæ- пыпц, уый мын æхсызгон вæййы. Хъæлдзæгдзинад уа, зианы хабар уа — иу дзы иннæйы æнæбацагургæ никуыма фæци. Мæ- хæдæг дæр уыцы хъуыддагмæ мæ цæст тынг дарын. Бæппу æмæ дзыцца æгас куы уаиккой, уæд сæхи куыд дариккой, сæ фæстæ дæр хъуамæ ахæм ахастдзинæдтæ уа, уымæи æмæ сæ бæсты мах баззадыстæм æмæ хъуамæ нæ алыфарс нæ мад æмæ нæ фыды хæстæджыты уынæм. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, зæгъгæ, фæзæгъыиц, фæлæ хъуамæ мæрдтæм мады фари дæр ма цæуа. Фыды фарнæй ма- ды фарнæй уæлдай нæй, уымæн æмæ сæ дыууæ дæр ныййар- джытæ сты. Адæймаг дзы иуы фарнæй куыд хъæздыг у, ин- нæйы фарпæй дæр — афтæ. Æргом дзургæйæ, мæнмæ суанг чысылæй фæстæмæ дæр мæ мады хæстæджытæй фылдæр хъарм калди, уымæн æмæ уыдон фылдæр уыдысты. Мæ мады дыууæ хойы æмæ мæ мады æфсымæр абон дæр æгас сты. Мæ фыдыр- дыгæй та — æрмæстдæр Дзерассæйы æрыййæфтон. Мæ мад æмæ мæ фыды ныййарджытæй дæр нана йеддæмæ никæй зыд- тон. Уымæй базыдтон дадайы ад дæр æмæ гыццийы ад дæр. Мæ мады фыд, мæ фыды мад æмæ мæ фыды фыды мæхæдæг кæй нæ зыдтон, хъысмæтмæ уый æгъгъæд нæ фæкаст, фæлæ- ма мæ уыдонæн сæхицæй дæр ничи зыдта. Уыцы бæллæхтæ иумæ бавзæрстон, мæ хистæртæй æртæ ’рдыгæй. Нана уыди, æмæ уый дæр нæ зындзинад йеддæмæ нæ "цин никуы федта. Иæхимæ тæккæ тынгдæр кæсын куы хъуыди, уыцы рæстæг æй мах сагъæс бацыди. Дзыццайы амарды фæстæ нæ хæдзары стырдæр ныфс уыди, хуыссæнæй æддæмæ чи нал хызт æмæ йæхи уды катæйттæ чи кодта, уыцы нана. Нæ иннæ хæстæджы- тæй нын никæй бон ницы уыд. Нана йæхимæ ахæм хъарутæ ссардта æмæ цалдæр мæйы пæ цуры фæци. Хуыцау йæ зонæг, уыцы бонты иунæгæй куы баззадаиккам, уæд цытæ кодтаик- кам. Фæлæ нанайы куырыхон зонд иннæ адæмы зондæй дард- дæрмæ æххæсти æмæ мадахуыр сывæллæтты уæзæджы къæйыл иæ ныууагъта. Кæд ын цыфæнды зын уыд, уæддæр иыффæрæз- та. Цалынмæ нæхиуыл фæхæцыдыстæм, цы ран февзæрдыстæм, уый æрæмбæрстам, уæдмæ нæ хауын нæ бауагъта. Иæхæдæг уырдыг лæууынхъом нал уыди, афтæмæй. Нана нæ цы ныфс бауагъта, уый йæ рæстæджы афтæ ’нæ хатыдтон. Кæд æй рахатыдтаин, уæддæр мын ууыл ахъуыды кæныны фадат пикуы фæци. Мæ сæры æидæр сагъæстæ уыд. 41 ^,
Суанг, дзыцца нанайæн йæ хъæбул кæй уыд> уыцы хъуыддаг дæр, мæ мад кæй уыд, уымæй дæлдæр æвæрдтон. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма дзыцца мæнæй куыд рыст, нанайæ афтæ нæ рысти. Ахæм хъуыдымæ-иу арæхдæр æрцыдтæн, æдзух- дæр кæугæ кæй кодтон, уый мын мæ цæстмæ кæй дардта, уый тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, дзыцца мæнæй куыд фæрыст, афтæ ду- иейыл иу адæймагæй дæр нæ фæрыст. Стæй мæм абон дæр æмæ райсом дæр афтæ кæсдзæн. Дзыццайæн фондзыссæдз ма- ды æмæ фондзыссæдз сывæллоны куы уыдаид, уæддæр мæнæн куыд зынаргъ уыд, афтæ зынаргъ никæмæн уыд, æз æй цæй- бæрц уарзтон, уыйбæрц æй ничи уарзта. Мæнæй йæ фылдæр исчи уарзта, ууыл та хъуыды дæр никуы акодтон. Цалынмæ цæрон, уæдмæ дзыццайы рыстæй мæ зæрдæ йæ риссыпæй никуы банцайдзæн, мæ цæсты сыг никуы басур уы- дзæн, уымæн æмæ мæхи йæ разы æнусмæ хæсджын хондзыпæн. Кæд ын æппындæр ницы фæуыдаин, уæддæр ын, фæуынмæ кæй хъавыдтæн æмæ йын кæй иицы фæдæн, уыцы стыр уаргъ ме ’ккойæ никуы ахаудзæп. Судздзæн мæ фæсмопы азар, хæрдзæп мын мæ уд. Мæрдты исты куы уаид, уый мæ тынг фæнды. Æппæты тынгдæр та дзыццайы тыххæй. Уæлæуыл мын цынæ бантыст, уый кæд мæрдты мæ къухы уæддæр бафтид. Цы хорздзинæдтæ йын фæуынмæ хъавыдтæн, уыдоны иу хай йын уæддæр кæд фæуин. Мæ фыны йæ арæх дæр нæ уыдтон, фæлæ-иу æй цал- дæр азы иу хатт куы федтон, уæд-иу хъæлдзæг пикуы уыд. Цыдæр тыхст уавæрты йыл-иу сæмбæлдтæн, куы-иу райхъал дæн, уæд мын-иу мæ кæуын мæ хъуырмæ чи схæццæ кодта, ахæм уавæрты-иу æй баййæфтон алы хатт дæр. Дзерассæты цæхæрадоны сæнæфсиры бын иуиæгæй лæугæйæ аззадтæн æмæ æнкъард хъуыдыты ахæсты бахаудтæн. Адæм чындзæхсæвы хабæрттæ кодтой, мæныл та æнкъард сагъæстæ рафæлдæхтысты. Æмæ куыннæ кодтаин æнкъард сагъæстæ дæр? Бæппу æгас куы уыдаид, уæд уынаффæтæ уымæ хаудаик- кой. Хæстмæ цæугæйæ чындздзон чызгæй кæй ныууагъта, йæ уыцы хойæн, йæхицæн усгур лæппу ис, уый куы фехъуыстаид, уæд-ма уымæй амондджындæр йæхи чи рахуыдтаид! Иннæ ахæм дзыцца! Дзерассæ чындзы куы цыд, уæд куыд тыиг тых- сти, куыд катæйттæ кодта! Дзерассæйæн, дам, мад æмæ фыды бæсты дæр, æфсымæрты бæсты дæр мах стæм æмæ, дам, хъуыд- дæгтæ куыд æмбæлы, афтæ куынæ ацæуой. Зæрдæзæгъгæ сын ацæуæн ницы хуызы уыд, уымæн æмæ хæсты фæудыл дыууæ азы дæр æххæст нæма рацыд, фæлæ уæддæр, дзыццайы къух цас амыдта, уымæй йæхиуыл ницæмæй бацауæрста. Фæдзырд- та Алмахситмæ дæр æмæ чызгæрвыст иннæтæй цауддæр ии- цæмæй рауад. 42
Фæстæдæр. Дзерассæйæн сывæллон куы фæзынд, уæд дæр æн æнæрхъуыдыйæ ыикуы ныууагъта. Аслæнбег дзæбæх лæп- пу уыди. Сабыр, фæлæ-иу æй исчи куы бахъыгдардта, уæд ып пæ барста. Дзыццайы рæстæджы йыл фоидз азы йеддæмæ нæ- ма цыд æмæ-иу æй нæхимæ æрбахуыдта. Дзаджджындæр хæйт- тæ-иу уымæн лæвæрдтам. Уый, дам, кæстæр у, стæй — хæрæ- фырт. Хæрæфыртæн та, дам, хъуамæ уæлдай кад уа. Сыхы сы- вæллæттимæ фæлымæп æмæ-иу мидæмæ нал цыд. Иуæй-иу хатт-иу нæ къæсæрыл лæбурджытæ дæр алæууыд, уæ хæрæ- фырт мын мæ ’сывæллопы фæнадта, зæгъгæ. Уыимæ-иу арæх- дæр йæ хъаст æрбахаста, йæ сывæллон Аслæнбегæй хистæр кæмæн уыд, ахæм сылгоймаг. Фæстагмæ-иу куыд рабæрæг, аф- тæмæй-иу аххосджыи уазæг нæ, фæлæ фысым разыид. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, зæгъгæ, Къоста дзæгъæлы загъ- таид, уый мæ нæ уырпы. Æмæ кæд æцæгæй дæр хъæр мæрдтæм хъуысы, уæд бæппу æмæ дзыццамæ дæр фехъуысæд, сæ хæрæ- фырт абон чындз кæй хæссы, уыцы æхсызгон хабар. Хъæр ^æрдтæм кæй хъуысы, уый хорз у, æрмæст хъæр мæрд- тæй дæр куы хъуысид, уæд бынтоп диссаг уаид, фæлæ, æвæц- цæгæп, бынтон диссæгтæи уæвæн нæ вæййы... — Мæнæ кæм и!—Дзерассæйы ныхæстæ мæм фæсчъылды- мæй райхъуыстысты æмæ хæрдмæ фæхаудтæп. — Куы мæ фæтæрсын кодтай! — Ам цы кусыс? — Æмæ дзы æпæ исты кусгæ нæй? — Цом мидæмæ. — Ам мидæгæй пæу? — Нæу, нæу! Цом уæртæ лæггадгæиджытимæ абад. Агу- рыиц дæ. — Цæмæ бадын лæггадгæпджытимæ? — Æххормаг дып пæу? Бæди дæр мыл кæмфæпды куы амбæлы, уæддæр мæ æпæ афæрсгæ пæ фæвæййы: «Исты бахордтай?..» Дзерассæ дæр æнæхъæн чыидзæхсæвы хъуыддæгты æх- сæн, æххормаг дæи, нæ, уыцы хабар сæйрагдæртæй иуæн рав- зæрста, æндæр мæ адæмы астæу агурыныл иæ фæуыдаид. — Цы дзы кусын? Иныæтимæ сбаддзынæн... — Омæ хорз, æххормаг дыи, зæгъын, кæд у... — Мæ мæт ма кæн. — Иу дæр уæ чындзхæссæг куыд иæ ацыд! — Бæдиитæй искæй ацæуын хъуыд. — Нæ мын бакуымдтой. Ам, дам, истæмæты фæкæсæм, — Ам чи фæкæса, ахæмтæ нæ уыдп? — Æз дæр сын уый загътоп бæргæ. 43
Чындзæхсæвы мын кæрæй-кæронмæ бадгæ æрцыд. Чындзы афоныл æрбахастой. Раст зæгъгæйæ фалæмæ дæр афоныл ацы- дысты, фæлæ афоныл ацæугæйæ дæр фæстæмæ арæх афоныл нал æрбаздæхынц. К/ьухылхæцæг æмæ æмдзуарджын кæй ба- цархайдтой, уый бæрæг уыд. Чыидзы уымæп размæ дæр иу хатт федтон, фæлæ мын æм дзæбæх бакæсыны фадат нæ фæ- ци. Хистæрты цурмæ йæ куы ’рбахуыдтой, уæд ыл аивæй цал- дæр хатты мæ цæст æрхастон. Рæсугъд мæм фæкаст. Мæ мады хо цавæр уарзы, раст ахæм. Уый дæр мын-иу æдзух афтæ дзырдта, æз, дам, рæсугъд чындз уарзын æмæ, дам, уый дæ зæрдыл бадар. Фыпгæй талынджы сыстадыстæм. Ахæм заман куыд вæй- йы, афтæ адæм æддæг-мидæг ауадысты. Тыххæй-фыдæй Дзе- ра’ссæйы ссардтон. Куыддæр мæ ауыдта, афтæ стыр æхсызгон- дзинад фехъусынгæиæгау сдзырдта: — Ахсæв фаллаг уаты хуысдзыиæ. — Нæхимæ цæуын мæ зæрды ис... — Цæмæн цæуыс уæхимæ? Ис дзы быпат. — Бынаты тыххæй нæ. — Уæдæ?.. Дзерассæйы мæ ацыд кæй нæ фæндц, уый æмбæрстон æмæ йыи сæфсон кодтои: — Горæты мæ хъуыддæгтæ ис. — Омæ ай цафон у? Автобустæ дæр куыпæуал цæуынц. — Исты машинæйы абаддзынæн. — Куы ацæуис, уый мæ нæ фæнды... — Райсом раджы мæ ардæм хъæуы. Бæди æмæ Дунетхан дæр кæцæйдæр фæзыидысты. Уыдон- мæ дæр нæ байхъуыстон. Асфальт фæндагмæ ныххызтæн æмæ, мæн хуызæн горæтмæ чи цыд, иу ахæм лæппуимæ баиу стæм. Бирæ нæ алæууыдыстæм, афтæ нæм иу газик фæурæдта. Нæ дыууæ дæр æй нæхицæн стыр амондыл банымадтам, уæдæ нын ныр тас нал у, алчидæр нæ иæ хæдзарыл сæмбæлдзæн, зæгъ- гæ. Æз шофыры фарсмæ бадт фæдæн. Машинæ-иу чысыл дзы- хъы дæр куы бауад, уæд-иу хæрдмæ фæхауд æмæ, разæй цы æфсæйнаг хæцæн уыд, ууыл дыууæ къухæй ныззæгæл дæн, цæ- мæй хæрдмæ къаддæр схъиудтаин, уый тыххæй. Фарæстæм ки- лометр кæй хонынц, уыцы рапмæ куы схæццæ стæм, уæд ма- шинæйы руль шофыры коммæ нал бакаст æмæ йæ фæндагæй иуфарсырдæм ахаста. — Уæхи хъахъæнут! — фæхъæр кодта шофыр.— Мæ руль мæ коммæ нал кæсы. Æз æнæуи дæр фидар хæцыдтæн, фæлæ уыцы ныхæстæ куы айхъуыстон, уæд мæ къухтæ размæ ныхъхъæддых кæнгæйæ æфсæйнаг хæцæн ноджы тынгдæр нылвæстон æмæ, машинæйы 44
рухсытæй цы фæндаг рауад, уырдыгæй мæ цæстытæ иал истон! Асфальт фæндаг галиуырдæм азылд, мах та æмраст алæгæр- стам. Астæумæ хæмпæлты батахтыстæм, дзыхъауы иыггæпп кодтам. Куыддæр къуыппы февзæрдыстæм, афтæ нæ размæ бæ- лас ауыдтон. Цалынмæ уыцы цалдæр уысмы рацыд, уæдмæ мæ сæры февзæрд æиахуыр хъуыды: райсом ацы хабар куы ахъæр уа, уæд адæм дзурдзысты, уым æмæ уым машинæ йæхи бæла- сыл сцавта æмæ дзы æртæйæ фæмард сты. Куыддæр уыцы хъуыдыйы æрттывд сæры магъзы ахуыссыд, афтæ машинæ йæхи бæласыл сцавта. Кæд мæ къухтæй цыфæнды фидар хæ- цыдтæн, стæй мæ цæнгтæ дæр тынг иыхъхъæддых кодтон, уæд- дæр цæф бауромын нæ бафæрæзтой: фæкъæдзтæ сты. Мæ уæра- джы сæртæ цæуылдæр кæй скъуырдтон, уый бамбæрстон, фæ- лæ мæ уыдонæй иуы сагъæс дæр нæ уыди. Мæхи мæлынмæ æрцæттæ кодтон. Уæдæ цæмæй тарстæн, уый дæр æрцыди — ставд бæласыл нæхи сцавтам — уæддæр-ма хъуыды кæнын мæ бон уыд, улæфыдтæн, цы ’рцыди, уый мæ цæстытæй уыдтон, ма- шинæйы мотор куыд ахуыссыд, уый дæр бамбæрстон. — Тыпг ныццавтат уæхи? — адæймаджы хъус цалдæр уысм- мæ ахуыр кæуыл нал уыд, ахæм ныхæстæ мæм æрбайхъуысты- сты. Фæсте цы лæппу бадт, уый базмæлыд. Шофыр ын йæ дуар фегом кодта æмæ йæм йæ къух бадардта: — Рахиз! — Мæхи бар мæ уадз. Лæппу æнцæйттæгæнгæ æрхызт. — Ницы мын уыд æнхъæлдæн... Уыцы ныхæстæм æз дæр фæныфсджыпдæр дæн æмæ маши- нæйæ рахызтæн. Мæ къæхтыл зыр-зыр бахæцыд. — Æнхъæлдæн æмæ аирвæзтыстæм,— сдзырдта та шофыр æмæ машинæ уынынмæ фæци. Мæ къæхты дыз-дыз куынæуал æицад, уæд æз дæр маши- нæйы размæ бацыдтæн æмæ рухсмæ мæ хæлафы къæхтыл хæрдмæ схæцыдтæн. Мæ уæраджы чъиритæ сæ туг калыпы оиг пыххырхтон. — Уыдонæн бафæразæп ис, кæд æпдæр ницы ныццавтай, уæд! — цы фыдбылызæй фервæзтыстæм, ууыл йæ цин æргомæй æвдисгæйæ загъта шофыр æмæ та машинæйæ бæласы æхсæп алæууыд. Бæласмæ фыццаг хатт фæкомкоммæ дæн. Иæ цъар иудзæв- гар астыхст, фæлæ йæ бынаты уырдыг лæугæйæ баззад. Ма- шипæйы раззаг хай барæмыгъта. Хуыцау хорз æмæ тыиг тагъд нæ тахстыстæм, стæй нæ размæ цы дзыхъау фæци, уый нын нæ цыд фæсабырдæр кодта, æидæр афтæ уæлæнгæйтты пæ аирвæзтаиккам. 45
Кæй рацыдтæн, ууыл мæм, кæй зæгъын æй хъæуы, фæсмои æрцыд, фæлæ уый хъуыддагæн ницыуал пайда уыд. Мæхины- мæр шофырмæ смæсты дæн, ахæм хæлд машинæйыл кæй сбадт, æмæ-ма дзы кæйдæрты дæр кæй сæвæрдта, уый тыххæй. Не ’муд куы ’рцыдыстæм, уæд нæ дарддæры фæндагыл хъуыды кæныныл фестæм. Шофыр, цæуыи иæ бон у, ууыл куы баууæндыд, уæд нæм æрхатыд: — Асфальтмæ ныххизут æмæ машипæ æрцахсут. — Дæуæн та цы дæ зæрды ис? — бафарста йæ ме ’мбæлц- цои. — Мæиæн машинæ ам уадзæн иæй. Мæнæ уып ме ’фсымæр- ты телефонтæ æмæ-иу сæм бадзурут. Дыууæйæ иу сæхнмæ уæд- дæр уыдзæн. Асфальтгæроп та нæ бирæ лæууып нæ бахъуыд. Æрмæст ацы хатт æнæфыдбылызæй схæццæ стæм горæтмæ. Шофыры æфсымæрмæ бадзурыны хæс æз мæхимæ райстоп. Куыддæр схæццæ дæн, афтæ фыццаг телефонæй бадзырдтон æмæ йæ йе ’фсымæр систа. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæтарсти. Ца- лынмæ йын дзæбæх фæсомытæ кодтон, уæдмæ йæ нæ уырныд- та, йе ’фсымæр афтæ æнцонтæй аирвæзт, уый. Мæ зæрдæ куыд æхсайдта, уымæ гæсгæ дзы ракуырдтон, фæстæмæ куы сыздæ- хой, уæд мæм куыд æрбадзура. Дыууадæс сахатыл мæм æцæгæйдæр шофыр йæхæдæг æр- бадзырдта. Схæццæ, дам, стæм. Ие ’фсымæр уæзласæныл куы- ста æмæ машинæ сæхи кæрты дардта æмæ, дам, <мæ уый сла- ста. Мæ хуыссæпы дæр мæ тарст не ссыд. Диссаг у, æвæдза, цардæй мæлæты æхсæн цы чысыл ауæдз ис, уый сæрты куыд æнцон бахизæн у! Иу хæйрæджы хай мæ цæуыпыл ацардыдта, ипнæ мып мæ размæ хæлд машинæ фæкодта, æртыккаг мæ бæласыл сцавта, фæлæ се ’ппæтыл дæр мæ ирвæзыпгæнæг Хуыцау фæуæлахиз æмæ чындзæхсæвæй мæлæты дзæмбытæм бахауыны бæсты æгасæй баззадтæн æмæ дарддæры царды фæндтæ кодтон. Мæ зæнгты дыз-дыз куыд къаддæргæнгæ цыд, афтæ сып сæ рыст тынгдæр æнкъардтон. Мæ дыууæ уæраджы чъирийы дæр арæсыдысты, фæлæ сæ туг нал калд æмæ мæ зæрдæ фæфидар- дæр. Дыккаг райсом мып æпæ ацæугæ иæ уыди. Дзерассæиты зæрдæ мæм æхсайдтаид. Æхюæвы цыдæр фыдфынтæ уыдтои. Цыма паровоз йæ ва- гæттæй фæхицæн æмæ машииæйы фæпдагыл цæхгæрмæ цы «Волгæ» æрбацæйцыд, уый сцæйæййæфта. Æз цæмæдæр гæс- гæ паровозы бадтæн. Мах афтæ тагъд тахтыстæм, æмæ маши- пæйæн æиæ сцæвгæ ницы хуызы уыд. Куыддæр ыл пæхп сцæп- къуырдтам, афтæ мæ хъæлæсыдзаг иыхъхъæр кодтоп æмæ... 46
фехъал дæн. Мæ къух мæ ныхыл авæрдтоп æмæ мæ армытъæ- пæн хиды æртæхтæй ныххуылыдз. Æвирхъау хабар æцæгæй кæй не ’рцыд, фæлæ йæ мæ фыны кæй федтон, уый куы бам- бæрстон, уæд æхсызгонæн сулæфыдтæн. Дзæвгар рæстæг мæм хуыссæг хæстæг иал æрцыд. Бонырдæм афынæй дæн æмæ суанг хуры скастмæ нал райхъал дæн. Мæ зæрдыл æппæты фыццаг, бæласыл нæхи кæй скъуырдтам, уыцы хабар æрбалæууыд. Уæ- лæнгæйтты кæй аирвæзтæн, уый тыххæй мæхи амондджын ра- хуыдтон æмæ Хуыцаумæ скуывтон. Стæй та мæ зæрдæ срысти. Мæ хъуыдыты арфы цæмæйдæр стъæлфыдтæн, мæ къабæзтыл цыдæр тас пъæззыйау бадти, фæлæ, цы уыди, уый æрцахеыи иæ фæрæзтон. Стæй йæ æрæджиау æрхъуыды кодтон: тыхстæн, цы фын’ федтон, уымæй. Æрмæстдæр фын кæй уыди, уый куы бамбæрстон, уæд мын дзæвгар фенцондæр. Мæ къæхтæ йодæй байсæрстон æмæ мæ цæугæйæ куынæ хъыгдардтой, уæд цинæй амардтæн. Раст зæгъын хъæуы, мæ цæнгты нуæрттæ рыстысты, фæлæ уыдонæи шофыры загъдау фæразæи уыд æмæ Дзерассæтæм ацыдтæн. Æнæуи машинæйы бадын нал бауæндыдтæн. Бас кæй басудзы, уый йæ доныл дæр дзæгъæлы нæ фæфу кæны. Автобус мæ Дзерассæты цурмæ ных- хæццæ кодта. Цы фыдбылызы бахаудтæн, уый сын раздæр дзурынмæ пæ хъавыдтæн, фæлæ фæстагмæ мæ фæнд аивтон. Дзерассæ мын алывыд акалдта: — Афтæмæй нæ нæ бын кодтай? Æмæ кæй машинæ уыди, æнæбайрайгæ дзы счындæуа?! — Иу горæтаг лæппуйы. — Уæддæр, Хуыцау хорз, æмæ уæлæнгæйтты аирвæзтыстут. Æртæ чъирийы æнæскæнгæ ыæй. Цы Хуыцау дын баххуыс * кодта, уымæ сызгъæрин тæбæгъты фæкуывдæуæд! Дзерассæ, æцæгæйдæр, æртæ уæлибæхы скæнып кодта æмæ сæ йæхæдæг скуывта. Бæди æмæ Дунетхан сыхæгтæм æхсæвиуат кодтой æмæ, дам, уырдæм ауадысты, æндæр мæм дзы уыдон æрлæвæрдтаик- кой. — Зелим дæр семæ ис? — Нæ-а. Чындзæй атонын нал комы. Уый дæр æй йæ хъæ- бысæй нал иста æмæ йæ ныххуылыдз кодта. — Уый æвзæр куынæ фæхонынц... — Хуыцау ын йæ фыццаг сывæллон лæппу фæкæнæд! — Дысон адæм сæ хæдзæрттæм дзæбæхæй ацыдысты? — Иу уæлдай ыыхас дæр пикæмæй райхъуыст. — Ацы лæг та ам цы рацу-бацу кæны? — рудзынгæй Ас- лæнбеджы ауынгæйæ бафарстон Дзерассæйы. — Нæ зонын. Абон дæр ма йыи чидæр бауайдзæф кодта 47
æмæ райсомæй нырмæ иал æрбауæндыди, ныр та кæцæйдæр фæзынди. — Иæ рæсугъды йын исчи куы аскъæфа, уымæй тæрсы? Дзерассæмæ дзуапп раттыны бæсты хъæрæй ныххудын хуыздæр фæкаст æмæ ныккæл-кæл кодта. — Æви ныртæккæйы ирои æгъдæуттæ афтæ амонынц? — Куыннæ, амонынц! Ацу æмæ-ма йын дыууæ ныхасы зæгъ. Кæртмæ мæхи айстои. Аслæнбег мæ куы ауыдта, уæд цыдæр æрбаци. Алмахситты загъдау, хорз лæппу у, фæлæ, кæс-ма, хорз лæппуйæ дæр æгъдау домын хъæуы, кæннод хæрæгæй хуым кæны. — Цы фæци, цы? — афарста мæ Дзерассæ. — Æз та дæу фæрсын: «Цы фæци?..» — Дæу куы ауыдта, уæд фæлидзæг. — Хуындзæуттæ цафон æрбацæудзысты? — Нæ зонын. Раздæр куы ’рбацæуиккой, уæд бæргæ хуыз- дæр уаид... — Алмахситтæй ничи фæзынди? — Куыинæ? Ды куыддæр ацыдтæ, афтæ йæ дохтыр лæппу ам æрбалæууыд. — Арсæмæг? — О. Стыр æгъдауимæ æрбацыди. Алмахситт фæдзæбæх- дæр, фæлæ, дам, йæ ныфс кæртæй дарддæр цæуын нæма хæс- сы. — Аслæнбегимæ зонгæ сты. — Арсæмæг? — О. — Зонын æй. — Арсæмæг ипститутмæ куы цыди, уæд Аслæнбег дæр мах- мæ уыди. Алы фæлварæны бон дæр-иу йæ фæдыл ацыдыстæм. Аслæнбег дæр — немæ. Фæстаг фæлварæнæй цы райста, уый бæрæггæнæг дæр та бацыдыстæм, фæлæ мидæмæ нæ уагътой. Аслæнбег сисы сæрты багæпп кодта æмæ, бæрæггæпæнтæ цы фæйнæгыл æрцауыгътой, уырдæм дугъ радта. Цæсты фæныкъ- уылдмæ фæстæмæ фæзыпд, «цыппар» райста, зæгъгæ, иын лæф- лæфгæнгæ фехъусын кодта. Уый уыдис, Арсæмæджы цы бæрæг- гæпæн хъуыд, ахæм. Фæстæдæр, мидæмæ куы бауагътон, уæд æцæгæйдæр Арсæмæджы бæрæггæнæн, Аслæнбег куыд загъта, ахæм рауад. Дунетхан ын æдде дæр арфæтæ кодта, фæлæ ном- хыгъд йæхи цæстæй куы федта, уæд-иу æй фырцинæй йæ хъæ- бысы иыккодта. ...Хуындзæуттæ æрæджиау æрбацыдысты æмæ мах сæ сы- стынмæ нал фæлæууыдыстæм. — Ма та-иу фесæфут,— мидæгæй цы ныхæстæ дзырдта, уы- 48
дон’та уьшджы дæр загъта Дзерассæ.— Чындзы-иу абæрæг кæ- иут. — Хорз, хорз, амонын нын æй хъæуы! — дзуапп ын радта Дунетхан. XIII Иу бон иннæйы хуызæн кæй уыд, уый мæ тынгæй-тынгдæр сагъæсы æфтыдта. Фæскуыст-иу арæх хъуыдытыл фæдæн. Рай- сомæй-иу изæрмæ цы сарæзтон, ууыл сагъæсы-иу куы бацыд- тæн, уæд-иу мæ зæрдæ ницæмæй барухс. Сабаты та-иу æнæ- хъæн къуырийыл мæ цæст ахастон æмæ-иу дзы ницы уа-дис- сагыл мæ цæст æрхæцыд. Афтæмæй та мæм цыдæр фæндтæ уыд, Цæмæдæрты тырныдтон. Мæ размæ цыдæр нысантæ æвæрдтон. Хъæрæй дзурын кæй нæ уæндыдтæн, ахæм бæллиц- тæ тæлфыди мæ риуы. Сæумæрайсом-иу куы райхъал дæн, уæд-и’у æппæты фыццаг мæ хъуыдытæ, цы саразынмæ хъавыд- тæн, æмæ дзы мæ къухы саразын цы бафтыд, ууыл уыдысты. Алы хатт дæр-иу æрцыдтæн иу хатдзæгмæ: æппында^р ницыма сарæзтон, афтæмæй-ма уæддæр уæлгоммæ хуыссын! Уый фæс- тæ мын-иу хуыссæны ницыуал куыст уыд. Мæ хъæццул-иу иу- фарс фехстон æмæ-иу мæ къæхтыл алæууыдтæн. Цыма цырд- гомау мæхи куы ахсадтаин, тагъд-тагъд куы ахордтаин, уæд мын æнæкондæй цы хъуыддæгтæ баззад, уыдон кæнын райдыд- таин, уый хуызæн. Афтæмæй та-иу мын кæд бантыст æрмæст- дæр мæ куыстмæ, чи зоны, сахаты æрдæг раздæр æрбацæуын. Цалынмæ-иу иннæ адæм цыдысты, уæдмæ-ма-иу зæрдæйы цы- дæр тырнындзинæдтæ тæлфыди, фæлæ-иу кусгæ бон куы рай- дыдта, уæд-иу мæ цавæрдæр куыройы фыдтæ ацахстой æмæ-иу мæ суанг изæрмæ се ’мзылд фæкæнын кодтой. Изæрæй-иу сæумæрайсомы хъуыдытæн сæ кой дæр нал уыд. Зæрдæ’ кæмæй нæ ради, ахæм хъуыддæгтæй-иу бафæлладтæн, пицыуал кæнын-иу мæм цыд. Кæд-иу цыппæрæм уæладзыгмæ сæфтыдтæн, уæд-иу мыц чысыл фенцондæр. Цыма-иу æндæр уæлдæфæй сулæфыдтæн, уый хуызæн-иу мæхи банкъардтон. Нæхимæ дæр-иу æвæллад- дæрæй бацыдтæн. Фæлæ-иу мæ цыфæнды фæлмæст дæр рай- соммæ æрцыди. Куы-иу райхъал дæн, уæд та-иу зæрдæмæ хуры тынтæ æрбакалдысты, кæнинаг хъуыддæгтæ æмæ-иу цардбæл- лоп бæллицтæ кæй фæрцы сæрттывтой, адæймагæн-иу ныфсы хос чи фæци, цыдæр нысан-иу æм кæй фæрцы фæзынд. Ахæм заман-иу мæ арæхæй-арæхдæр сагъæсы баппæрста мæ иунæг- дзинад. Мæ карæнтæ нæ, фæлæ мæнæй бирæ кæстæр чи уыд4, уыдонæй дæр мæн йеддæмæ бирæтæ’ æнæ бинойнаг нал уыд. Уыцы хъуыддаг-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу мæхи- 4 Мах дуг № 3 49
нымæр мæхиуыл тæккæ карздæр уайдзæфтæй ралæууыдтæн. Стæй-иу куыннæ хæцыдаин мæхимæ дæр, кæд æмæ ахæм уа-* вæры мæхи аххосæй уыдтæн. Кæйдæр загъдау, æнæ къах, æнæ къух нæ уыдтæн. Уæдæ адæмы хуыздæрыл дæр мæхи иæ лы’- мадтон. Зынæрвæссонæй мæ ничи зыдта. Утæппæт адæмæй иу равзарынæн бирæ диссæгтæ нæ хъуыди, фæлæ мыл цыдæр га- лиу тых уæлахиз кодта æмæ та-иу, размæ цæуып кæм хъуыд,. уым мæ мидбынаты лæугæйæ баззадтæн. Элинæ куы ацыд, уæдæй фæстæмæ та мыл цыдæр лъæззьг ныббадти. Мæ зæрдæйы æнкъарæнтыл мын" сахсæп сæвæрдæ- уыд. Элинæмæ мæ цы тых æлвæста, ууыл цыдæр фæлм æрбадт! Цæмæдæр гæсгæ æппæты тынгдæр цин кодтон, кæй мæ никуы ницæуыл бадомдта, нæ дарддæры ахастдзинæдты бæлвырддзи- нæдтæй мæ кæй никуы бафарста æмæ мæ кæй никуы ницавæр- бæрпы бафтыдта. Мæхи йæ цуры азымджын кæй нæ хуыдтоп^ уый Элинæйы руаджы уыди. Элинæйы руаджы уыди, тæри- гъæды æнкъарæитæ мæм кæй никуы сæвзæрып кодта, уын дæр. Ленинградмæ йæ куы фæндараст кодтон, уæд йæ фæстаг ны- хæстæ уыдысты: «Æвæццæгæн, никуыуал фембæлдзыстæм».,. Цæмæн афтæ загъта, ууыл фæстæдæр ахъуыды кодтон æмæ та цыма Элинæйь/ зонд дарддæрмæ æххæсти, афтæ мæм фæ- каст. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Ирыстонмæ йæ балц йæ зæрдæмæ фæцыд. Фæстæмæ дæр райгондæй здæхт, фæлæ мæ> йæ фæстаг ныхæстæ мæхимæ хъусыныл фæкодтон. Цалдæр- боны иумæ фестæм æмæ мыл йæ зæрдæ цæмæй фæхудтаид, мæ ныхæсты æмæ мæ миты ахæмæй ницы ссардтон, Нæ фидæ- ны фембæлдтыты тыххæй та нæм ныхас дæр нæ уыди. Чи зоны, Элинæ мæнмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ æз кæй пп- цы загътон, ахæм хъуыдымæ дæр.уымæн æрцыди. Фæстаг рæстæджы-иу Дудуны дæр арæх æрымысыдтæн. Чындзы куы ацыди, уæдæй фæстæмæ йæ иунæг хатт федтоп. Уый дæр трамвайы. Куы мæ ауыдта, уæд йæ быпатæй фестад^ цæмæй дзы æз сбадтаин. Цæй бадт æмæ цæй цыдæр! Мæ дзы- хы ныхас нал бадт. Цалынмæ ме ’муд æрцæуыныл архайдтоп,. уæдмæ.Дуду рахызти. Фæндараст зæгъын дæр ын мæ къухьг нал бафтыд. Уыцы бон Дунетханыл дæр амбæлд. — Дудуйы куы федтай, уæд æм дзæбæх цæуыпнæ сдзырд- тай? — бауайдзæф мын кодта Дунетхан. — Йæхæдæг дæр мæм ницы дзырдта... — Уымæн йæ лæг йæ цуры уыди? — Ма дзур? ’ — Æмæ дын цы загътаид, стæй уæндыди? Иæ бынат дыи кæй радта, уый тыххæй дæр ын алывыд куы акалдта. — Чи дæн, уый цæмæй базыдта? — Зоны, дам, дæ. 50
’Уыцы райсом дæр та мæ иунæджы хабæрттæй мæ хъуыр- мæ сдæп. Хуыцаубои уыди, æмæ цæхæрадонмæ ацæуыпвæпд- скодтон. Мæ зæрдыл Ахъбе æрлæууыд æмæ йæм телефонæн ны’дздзырдтон. Ног фатермæ балыгъдысты æмæ сæм телефон дæр фæзынди. Æргом зæгъгæйæ, зæрдаивæй йæм ныдздзырд- тон, уымæн æмæ-иу фæлладуадзæп боп æдзухдæр хъæумæ цы- дысты. Сæхимæ куы разыиди, уæд ын, мæ цæхæрадоны хæдзар кæй аразын, уый кой .бакодтон, куы йæ, зæгъын, фенис, уый мæ фæнды. Ныртæккæ фæцæуын, зæгъгæ, мын зæрдæ бавæрд- та. Мидæмæ цæуыныл нал сразы æмæ йæм уынджы æнхъæл- мæ кастæн. Трамвайæ’йæ хизын дæр нал бауагътон. Рудзын- гæй йæ ауыдтоп æмæ мæхæдæг фæраздæр дæп. — Замманай рап ис дæ цæхæрадон,— мæ зæххы хай фен- гæйæ загъта Ахъбе.— Стæй цыма иннæтæй стырдæр у, афтæ мæм кæсы. — Æцæгæйдæр афтæ у. Ацырдыгæй фарс дыууæ хатты стырдæр сты цæхæрадæттæ. Мах фæстæ кæмæн радтой, уыдо- иæп гектары æртæсæдæймаг хæйттæ йеддæмæ не сты. — Адон кæм æрбаластай, уым хæдзармæ кæсгæ нал у,— загъта Ахъбе, блоктæ æмæ къæйтæм ацамонгæйæ. — Мæхн зæрды дæр ис, фæлæ мæ иичердæм æвдæлы. — Кæсыс,— мæ алыфарс цы хæдзæрттæ фæзынд, уыдоныл йæ цæст ахæсгæйæ загъта Ахъбе,— куыд рæвдз æвналыпц, уымæ? — Уыдонæн æнцопдæр у, Сæ фылдæр хицæуттæ сты. — Æцæгæй? " — Уæдæ? Уæлæ дыууæуæладзыгон хæдзар уыныс? Уый го- рæххæсткомы сæрдары фыццаг хæдивæджы у. Дыууæ мæймæ йæ ацæттæ кодта. Иæ цæхæрадон та йын сахатмæ акъахтой. Иу бон райсомæй ардæм суадтæн æмæ цыдæртæ куыстоп. Уалынмæ мæ рæзты уæзлаеæн æхгæд машинæ сивгъуыдта. Го- рæххæсткомы сæрдары хæдивæджы дуармæ æрлæууыд. Сал- дæттæ дзы гæппытæ кæныи райдыдтой, сæ хицау дæр семæ, афтæмæй. Капитапимæ æхсæрдæс уыдысты. Белтæ дæр семæ æрбаластой. Сахат дæр æххæет нæ рацыд, афтæ цæхæрадоп къахт фесты, фæстæмæ машинæйы абадтысты æмæ асыффытт ластой. — Уыцы сæрдары хæдивæг къæдзилдары хæдивæгæн дæр бæргæ нæ бæззы, фæлæ Борнæфы, сдзурынхъом кæмæ уа, ахæмтæ хъæуы. Партийы Теркæп фалейы ранкомы фыццаг секретарæй куыста æмæ йын йæ хабæрттæ зонын... — Ды дæр уым куы куыстай кæддæр... — Æртæ азы дзы фæдæн. Мæ сисамайджытæй нуы мад партийы райкомы агъуысты библиотекæйы куыста. Райкомы æфснайæг отпусчы уыди, æмæ библнотекæйы кусæгæй ракуырд- 51
той, цæмæй уыцы рæстæджы фыццаг секретары кусæн уат дæр æфснайдтаид. Фыццаг бон куы бацыд, уæд секретары- кусæи уаты æфснайд йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Цæст кæдæм не ’ххæс- сыд, уыцы къуымтæ рыгæй нал зындысты æмæ сæ сфæнд кодта бабæстон кæнын. Фæстагмæ-ма йын баззад чингуыты скъапп. Иæ чингуытæм ын дзæвгар рæстæг æвналæг кæй нал фæци, уый бæрæг уыд, бæзджын рыг сыл кæй сбадт, уымæй. Фæсæрф- та сæ, мæгуыр. Бинаг хатæнмæ куы бавнæлдта, уæд дзы æх- цайы тыхтон куы ссарид. Иæ рыгтæ йын ацагъта æмæ, дæсгай тумаптæ мин сомы кæм уыд, ахæм тыхтон разынд. Сылгойма- гæн йæ уды гуыпп-гуыпп ссыд, йæ алыфарс ахъахъæдта, кæд Мæ исчи хынджылæг кæны, зæгъгæ, фæлæ цæй хынджылæг æмæ цæй цыдæр! Æхцатæ кæм уыдысты, уым сæ фæстæмæ авæрдта, дуар ахгæдта æмæ цикъæйау ныффæлурс, афтæмæй библиотекæйы балæууыд. Иуцасдæр йæ бон фезмæлын нал уыд. Иæ тарст чысыл куы ’рцыд, уæд фæстæмæ дуар байгом кодта, кæронмæ æфснайд фæци æмæ, æхцатæ цы фæкæна, уый сагъæ- сты бацыд. Уым ныууадзынæй дæр сын тарсти, хъуыддаг ис- кæмæн радзурын дæр нæ уæндыди. Уалынмæ йæм йæ лæг æр- бацыд æмæ йын сылгоймаг уавæр бамбарын кодта. Æхцатæ йын, фæстæмæ кæм уыдысты, уыцы скъаппы нывæрын кодта, æрмæст бинаг хатæны нæ, фæлæ астæуккаджы, æддæмæ куыд зыпдаиккой, афтæ. Дыккаг изæр сылгоймаг æфснайыимæ тæрс- гæ-ризгæйæ æрбацыд, фæлæ æхцатæ уым куынæуал баййæфта, уæд сыпдæггай йæ чемы цæуын райдыдта. Ноджы фыццаг сек- ретарь æнæихъæлæджы йæ кусæн уаты куы фæзынд), йæ сей- фæй цыдæртæ куы райста æмæ фæстæмæ куы рацыд, уæд бын- тондæр сæнæмæт. — Чи сæ ’рбахаста, уый не сбæрæг? — Куыннæ! Райпойы хицауы бынатмæ чи тырныдта, иу ахæм мыи хъаст кодта, нæ райкомы секретарь, дам, æхцайыл хъуыддæгтæ аразы, зæгъгæ, дзырдтой, фæлæ, дам, ме ’хца дæр фесæфтысты, бынаты дæр мæ нæ сæвæрдта. - - — Æз та, йæ цæхæрадон ын кæй скъахтой, ууыл дис код- тон. Иæ хæдзар дæр йæхи ’хцатæй сарæзта, уый æнхъæл дæр нæ дæн. Уæртæ уыцы къæйтæн раздæр æмбис аргъ йеддæмæ пæ бафыстон. — Цæуыннæ? — Цыма сæм цыдæр аиппыты ис, афтæ сæ бавдыстой. Æз бацыдтæн æмæ директорæн загътон, мæп, зæгъын, афтæм&й ницы хъæуы. Æцæгæй цасы аргъ сты, фидгæ дæр сын уый бæрц кæнын. Директор мын хорздзинад фæуынмæ , хъавыд, фæлæ мæ: хъуыды куы бамбæрста, уæд хатыркурæгау загъта: «Бар дæхи, фæлæ æз ам æхсæз азы кусын, æмæ дзы ахæм хабар иæмауыди. Ды æмбискъаддæр йеддæмæ нæ бафыстай, фæлæ 52
бирæтæ фæндзæймаг хай йеддæмæ нæ бафидынц, æппæты фыц- цаг та обкомы кусджытæ, афтæмæй тæккæ хуыздæр блоктæ’ æмæ къæйтæ аласынц». Æцæгæйдæр, мæ алыфарс иууылдæр хицауад уыдысты. Мæ чъылдыммæ цы хæдзар сырæзт, уын та Борнæфы у. — Сырх агуыридурæй амад чи у, уый? — О. Борнæфы у, фæлæ, дам, æй йæ каисыл сарæзта. — Уыдæттæ иууылдæр хорз, фæлæ цы дæ зæрды ис, уый- ма мын зæгъ? Цавæр хæдзар аразынмæ хъавыс? — Цы ’мбарын æз хæдзæрттæ аразынæн? — Уæдæ къæйтæ æмæ блоктæ куыд æрбаластай? — Иу аразæг æрдхорд мын нс, æмæ мын афтæ зæгъы, дæ зæххы къулæн, дам, спайда кæн, хæдзар цæй ^бæрц уыдзæн, уый бæрц, дам, æй бакъах æмæ, дам, дзы бынæй гаражы бы- иат рауайдзæн. Гараж уа, уæрм уа, цæмæн, дам, дæ бахъæуа, уымæн. Уæле та, дам, ыл хæдзар самайдзынæ. Ахъбе, хæдзары быпатæн цы зæхх равзæрстон, уып алыфарс æрзылди, йæхинымæр цыдæртæ фæрабар-бабар кодта, стæй мæ бафарста: — Уæддæр цæййас хъуамæ уа дæ хæдзар? — Йæ цæрæн фæзуат фондз æмæ ссæдз метры куыд уа, йæ цæлгæнæн та — дæс метры. Уымæй стырдæр хæдзар кæнын паг уадзынц. Ме ’рдхорд куыд банымадта, афтæмæй ацы къæйтæ хорз хъуамæ уой, стæй блоктæ дæр фаг уыдзысты. Ахъбе раздæр къæйты дæргъ сбарста, стæй дыууæйæ ру- леткæйы зæхх дæргъмæ-цæхгæрмæ фæрабар-бабар кодтам. . — Æвзæр зонд дын нæ бацамыдта де ’рдхорд,— загъта æрæджиау Ахъбе.— Мацæмæуал æнхъæлмæ кæс. Дур ссард- тай? — Дæс мииæй мын зæрдæ æвæрынц. — Дур æмæ чъырызмæсты кой бакæп. Фæлæ уал уымæй размæ экскаватор ссарын хъæуы. Бындур æвæрд куы ’рцæуа, уæд æм дæ зæрдæ тынгдæр райдзæн. Къæйтæ æмæ дæм блок- тæ йеддæмæ ницыма ис, уæддæр дæ зæхх æрмæст зæхх нал у. Цæсты тынгдæр сахадыдта. Уагæры-ма гаражы быпат куы ракъахай, блоктæ куы самайай, къæйтæ сын сæ сæрыл куы ’рæвæрай, уæд æм быптон æндæр цæстæй акæсдзынæ! Ахъбейы ныхæстæ раст рауадысты. Цалдæр бопы фæстæ мыи экскаватор æрбарвыста æмæ зæхх скъахта. Уый фæстæ амайджытæ ссардтон. Уæзисæн къран агурынмæ та таксийы ацыдтæн. Иу сахаты бæрц горæты фæратæх-батæх кодтам æмæ йæ. æппынфæстаг иу хæдзары дуармæ ссардтам. Цæуынмæ иæ хъавыд, фæлæ йын фылдæр бафидынæй зæрдæ бавæрдтон æмæ сразы. Уыцы боп блоктæ амад фесты, сæ сæрыл сын сæвæрд- 53
той цыппар къæйы æмæ гараж йæ хуыз скалдта. Мидæмæ куы бацыдтæп æмæ йын йæ къултæ æмæ йæ сæрыл мæ цæст куы ахастон, уæд Ахъбейы иыхæстæ æрымысыдтæн. Æрфæндыд мæ хæдзар дарддæр аразын. Ахъбейы агурыи нал бахъуыд: йæхæ- дæг мæ ссардта. — Уый æндæр хъуыддаг у! — бацин кодта Ахъбе, цытæ саразын мын бантыст, уый куы федта, уæд.— Æххæст лæг суæвынмæ ма дæ цытæ хъæуы, уыдои ды мæнæй æвзæрдæр нæ зопыс. — Хæдзар саразып, бæлас ныосадзыи æмæ ус ракурын? — Уæдæ! — Бæлæстæ бирæ фæсагътон бæргæ. — Бæлæстæ бирæ садз, фæлæ ус иу йеддæмæ ма ракур. — Бæлæстæ садзыны зынæй кæй пицы и, уый зопын, фæлæ цыма хæдзар саразыи дæр ус ракурынæй æнцондæр нæу, аф- тæ мæм кæсы. — Дыууæ дæр иухуызоп ’сты. Хæдзар куынæ аразай, уæд зын аразæи у, ус куынæ курай, уæд куыд зыи курæн у, афтæ. Фæстæмæ цæугæйæ Ахъбейы иæхимæ хопынмæ хъавыдтæн; — Мидæмæ нæм цом!.. — Абон дæ хойæн зæрдæ бавæрдтон, иумæ кæй æрбацæу- дзыстæм, уый тыххæй. Мæ дзаумæттæ ивып дæр мæ нæ уагъта, фæлæ йæм нæ бай- хъуыстон. Кæдæм цæуын, уый Бæдийæп куы загътон, уæд мыл сбустæ кодта: — Куыд сæм цæуыс афтидæй? Цал хатты дын загътои, ныццæуæм сæм, зæгъгæ! — Мæхи зæрды дæр бæргæ пæ уыди цæуын, фæлæ Ахъбе къахсæттæгау ныллæууыд. — Уæртæ мæм иу къафетты къопп ис...— стыхст Бæди,— Уый фаг нæу! Шампайнаг сæп-ма-иу уæддæр алхæи... — Машинæ куы æрцахсиккам, уæд хуыздæр нæ уаид? — бафарстон Ахъбейы, доæ дзаумæттæ аивыны фæстæ æддæмæ куы рацыдтæп, уæд. — Æрцахсæм! Мæп тыпгдæр машинæ сæн ацагурыны тыххæй хъуыди. Таксийы абадтыстæм æмæ комкоммæ ресторанмæ ацыдыстæм. Æнæун къафеттæ дæр-ма иу кнлограмм балхæдтон, шамнай- наг сæны авг райстон æмæ чысыл уæпдопдæрæй уазæгуаты араст стæм. Æрхъуыдыдзинады фæрцы дæ мацы аирвæзæд, зæгъгæ, фы- дæдтæй дзæгъæлы нæ баззад. Æрхъуыдыдзинад домбай æгъдау у, фæлæ йæ рохуаты куы ныууадзай, уæд дæ кад дæлæмæ хауы. Æрхъуыдыдзинады зынæй ницы ис’, фæлæ æнцон хъуыддæгтæй бирæтæ зæфцы фыдæн æпæкондæй баззайынц. Ахъбейæн къу- 54
хмлхæцаег уыдтæн. Нæхæдæг нæ, фæлæ-ма хорз цардысты нæ фыдæлтæ дæр. Æнæхæдзарæй куы баззадтæн, уæд мын йæ фатер .ныууагъта. Цалынмæ нæхæдæг хæдзар баххуырстам, уæдмæ дзы фæцардтæн. Уыцы хъуыддæгтæ мæнæй никуы фе- рох уыдзысты, фæлæ мæ æрхъуыдыйы фæрцы цытæ аирвæзы, уыдонмæ гæсгæ банхъæлæи вæййы, цыма мын, чи цы фæци, уый мæ зæрдыл нал фæлæууы, ферох мæ вæййы. Мæнмæ фæл- мæн дзыхæй чи сдзырдта, хуымæтæджы ныфсы ныхас кæмæй фехъуыстон, уыдон мæ зæрдыл куы дарын, уæд Ахъбе мæнæй рох у! Нæу! Стæй канд Ахъбе нæ. Сæ бинонтæ иууылдæр. Æп- наугы тынгдæр та хъуамæ мæ хойæн кад кæнин, уымæн æмæ уый Ахъбеимæ пæ хæлардзииады хуыздæр æвдисæн у. Иæ цардæмбалæн кæй равзæрста, дунейы чызджыты хуыздæр æм чи фæкаст, уый къухыл рахæцын мæпыл баууæндыд. Фæлæ, куы зæгъын, æрхъуыдыйы фæрцы мæ цыдæртæ аирвæзы. Бæди дæр мын раст дзырдта. Мæ кæстæр уæвгæйæ хъуыддæгтæ хуыз- дæр æмбары. Æмбаргæ сæ æз дæр кæнын. Цытæ хъæуы, уый дæр зонын, зивæггæнаг дæн æндæр. — .Уазджытæ дæм фæцæуы, Бердион!—дуар куы байгом, уæд сдзырдта Ахъбе. Хъаллæ къæсæргæрон фæзынд. — Тыххæй хонын кæй хъæуы, ахæм æфсымæры дын æрба- кодтон. — Æцæгæйдæр диссаджы уазæг! — ныррухс Хъаллæйы цæсгом.— Мндæмæ, Хъазыбег! Кæдæй-уæдæй-ма нын дæхи фе- ньш кодтан! — Фарн уæ ног цæрæн бынæтты уæд! — Фæрнæйдзаг у! — дзуапп радта Хъаллæ æмæ мыи, ми- дæмæ ахиз, зæгъгæ, йæ къухæй ацамыдта. Дыууæ уаты куы райстой, ууыл афæдзæй фылдæр цыд, фæ- лæ сæм иу хатт дæр нæма уыдтæн. — Æмæ уæ гыццыл чызг та кæм и? — Байстой та нып.æй. — Чи уын æй байста? — Дæ сыхæгтæ, æндæр нып æй чи хъуамæ байса? — Надыгомæ йын æвзæрдæр нæ уыдзæни. — Æвзæрдæр нæ, фæлæ йын хуыздæр у,— загъта Ахъбе.— Уым цалдæр боны куы фæвæййы, уæд горæтмæ пал фæкомы. — Хорз фатер уын радтой. — Иннæ уат дæр аййас у? — Цом, фен æй? — Ахъбе сыстад æмæ сæ дыккаг уаты дуар байтыгъта.— Табуафси. Дыккаг уат зына-нæзына къаддæр йеддæмæ нæ уыдн. Цæт- тæ æхсæрау бур шифанер æмæ дзы дыууæ сынтæджы хæрзæф- спайд хуыссæнтимæ. Базтæ кæм уыдысты, уыцырдыгæн æмбæр- 55
зæнтæ къуыпдæр дардтой. Дунетхан чыдзы куы цыди, уæд ын нæ мадыхо цытæ фæдзæхста, уыдонæй иу, дæ базтæ-иу хъæццул æмбæрзæнты бын макуы бамбæхс, зæгъгæ, уыди. Баз хуыссæнты сæр æвæрд куы уа, уый йæм цæмæдæр гæсгæ хорз каст. — Нæ лоджæ дæр нын фен æххæст,— загъта Ахъбе æмæ мæ разæй араст. Лоджæ дæр уæттæй къаддæр нæ уыд. Бирæ цæстджьш рудзыпг ын скодтой, тæвд æм бауагътой æмæ æртыккаг уаты хуызæн уыди. — Мæнæ-ма ацы сынтæг дæ зæрдыл лæууы? — бафарста мæ Ахъбе. Базыдтон æй. Дыууæйæ дæлфæдтæ-уæлфæдтæ цы сынтæгыл хуыссыдыстæм, уый! Ие ’фсæйнаг къухтыл цы тымбыл зиллæч- чытæ уыд, уыдон фыццагау æрттывтытæ калдтон. — Дæ фыццаг фатеры чи лæууыди, уый нæу? — Мæ зæрдæ йыл нæ ивын. Бердион мын æй зрдæм хæс- сын иал уагъта, иу фатерæй, дам, иннæ фатермæ ахæм хæбы- рæгътæ ничиуал фæласы. Мæхи куы хъуыды кæныи, уæ,&æй фæстæмæ ацы сынтæг дæр хъуыды кæныи. Горæтмæ куы ссыл- тæн, æмæ мын, ды дæр кæй зыдтай, уыцы къуым куы радтой, уæд æй уырдæм сластон. Ныр та йæ ардæм дæр æрбаластон. Ацы сынтæгыл хуыздæр фынæй кæнын. Цыма пæ хæдзары куынæуал уаид, уæд бирæ фæмæгуырдæр уаиккам, афтæ мæм кæсы. ’ Мæнæп та мæ сахат ахæм ад кодта. Бæди æмæ мын Ду- нетхап цы сахат балхæдтой, уый. Дыууадæс азæй йæ фылдæр фæдардтон, стæй-ма йæ абон дæр дарин, Арсæмæг куынæ уы- даид, уæд. Иу рæстæджы йæм горæтмæ цавæрдæр рынчыпæн операци кæнынмæ фæдзырдтой. Тагъд-тагъд, дам, кодтон æмæ йæ сахат сæхимæ ферох. Мæнуылты æрбауади, операцийы ра>с- тæджы, дам, мæ сахат хъæудзæн æмæ йын æй радтон. Радтои ын æй, фæлæ йæ уынгæ нал фæкодтон. Операцийы рæстæджы, дам, цыдæр фæци. Ахæм зын мын уыдис, æмæ диссаг. Уый фæстæ дæр-ма йæм æнхъæлмæ кастæн, кæд фæзынид, зæгъгæ,. фæлæ дзæгъæлы. Фесæфт, мæ тæккæ мæгуырдæр рæстджыта^ мын чи барста, уыцы сахат... Хъаллæйæп йæ фынг цæттæ уыд æмæ æгæр æрæгмæ куы кодтам, уæд нæм бадзырдта: — Ныууадзут, уыдон уый фæстæ дæр фендзыстут? — Ницыуал дзы уынæм! — дзуапп ын радта Ахъбе.— Исты æддæгуæлæтæ куынæ сты, мыййаг. , — Бердион, ды дæр сбад,— æрхатыдта йæм Ахъбе.— Дс ’фсымæры фарсмæйæ ма хуыздæр кæм сбаддзынæ? — Бадын, бадын. 56
Бердион йæ раздарæн дæр нæ раласта, афтæмæй, фынджы уæлхъус æрбадгæнæ, сдзырдта: — Ацы бандон мæ зæрдæмæ нæ цæуы,— йæ бынаты баз- мæлгæйæ сдзырдта Ахъбе. — Цы кæны? — бафарста йæ Хъаллæ. ’ — Иæ хъыс-хъыс цыма ссыди... — Мæнмæ дзы ницы хъыс-хъыс райхъуыст. — Æри-хМа уæдæ нæ бандæттæ аивæм. Хъаллæ йæ мидбылты бахудт. — Мæлæты æхсызгон дын нæ уыд. — Нæ йæм хъусыс? — мæнмæ æрбакаст Хъаллæ.— Нæ бап- дæттæ, дам, аивæм. Цыма бандон кæд æцæгдæр саст у, уæд дзы æз сойтæ смæрздзынæн. — Æмæ ууыл худын хъæуы? — Ууыл нæ худын. Нæ сыхæгты ус заманхъуйлаг чызг у æмæ мын иу хабар дзырдта æмæ мын уый дæ ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууын кодтой... Хъаллæ куы ницыуал дзырдта, уæд æм Ахъбе æрхатыд: — Омæ йæ æххæст дзургæ дæр ракæн. Хъаллæ та йæ мидбылты бахудт æмæ райдыдта: — Нæ сыхæгты чындз мын ахæм хабар радзырдта. Иу хатт, дам, нæм мæ фыдыфсымæры ус æрбауад æмæ, дам, мын афтæ:: «Мæ хъуг-ма мын радуц!» «Дæхæдæг æй цæуыннæ дуцыс?» «Фыццагзæддаг у æмæ мæ ныццæвдзæни!» — Æз дæр, дам, ын ахæм дзуапп куы авæрин: «Æмæ æз дыууæ дихæй хуыздæр фидауын!» Уыйау мын ды дæр дæ саст бандон кæдæм дæттыс? — Нал дын æй дæттын — заманхъуйлаг дæ фыдбылызæй фервæзын кодта. Ахъбетæм дзæбæх фæбадтыстæм. Хæдзары номæй мын сæр- магонд нуазæн куы авæрдтой, уæд Надыго дæр фæзынди.. Агуывзæ мæ къухы уыди, афтæмæй мæ уырдыг лæугæ æрбай- йæфта. Мæ фенд ын æхсызгон уыди, æгайтма, дам, кæрæдзиуыл стырзæрдæ нæ кæнут. Кæцæй фестут, зæгъгæ, йæ Ахъбе куы бафарста, уæд ын Надыго загъта: — Куынæ зындыстут, уæд уæм мæ зæрдæ æхсайдта. Нæ сыхæгты лæппу горæтмæ цыд æмæ уæд ацы хæйрæгимæ — Ахъ- бейы чызгмæ ацамыдта Надыго — фæраст дæн. Ахъбетæй куы рацæйцыдтæн, уæддæр-ма мыи фæдзæхста„, дæ хæдзары арæзтад æрдæгыл ма ныууадз, зæгъгæ.
~ кокоиты МÆ РЫСТ Кæмæн кæнон мæ удрыст? Кæй бандавдзæн мæ хъыг?.. Мæ цæстыхаутыл ризы Мæ тугæвдылд цæссыг. Кæуинаг мæ фæкодтай, Дзыназинаг мæ сæр. Фыд-зымæгæй мыл баззад Мæ сæрд. Нæ мæгуыр царды бонтæ Ды не скодтай мын фаг. Æд уидæгтæ ыстыдтай, Мæ рухс уалдзæджы таг. Цы ма кæнон дæ фæстæ? Куыд ма кæнон мæ цард?.. .Дæ номы уыд мæ уаз цин, Дæ фæтæн риу — мæ уарт. Ныр мæ дзæгъæл ныууагътай, Мæ фидар ныфс, мæ цин. Мæ уалдзыгон цъæх къуыбыр Æнæфтыдæй фæци. Цы ма домон мæ цардæй, Кæмæй ма ’вæрон ныфс? •Фыдгулы ’лвæст цыргъ хъама Мæ зæрдæсæр ныххызт. Кæуинаг ныр мæ изæр, Кæуинаг у мæ бон. Кæй ма арвитон а-зæр Дæ хæдзарæй хæстон. О, мæ зынаргъ, мæ удлæууæн, О, мæ зæрдæйы цавд! Ныр мæхицæн куыд ныббарон,— ,Дæ мард? УДЫ ХЪАРÆГ Алешы ном арын Дæ номы уыд мæ уаз цин, Дæ фæтæн риу — мæ уарт. Куынæма у сæрибар Дæ Райгуырæн, дæ Ир. Фыдгул-ызнаг лæбуры, Нæ тугæй зæхх лæхъир. Æмзонд кæм нæу нæ къона, Кæм не ’мбарæм нæхи,— Æнцондæрæй фæтулы Фыдызнагæн йæ хин. Дæ Ирыстоны хай дын Уæд чи хъахъæна, зæгъ? Нæ лæппуты тæригъæд Куы нал уромы зæхх. Куы йæ зоныс дæхæдæг, Нæй къухфæдарæг — иу. Хъæрзы, мæцы йæ туджы,— Дæ Ир! Уæд мын, зæгъ-ма, мæ зынаргъ, Куыд æвæлмон хуыссыс? Дæ табæт дæр дын милмæ Æхсынц. Хуыцау! Хуыцау! Цы фæдæ?! Мæгуыры рисс дæр зон,—• Лæджыфыдхор фашисттæн Æрхæсс дæ раст тæрхон. ...Цы ма кæнон, мæ боныл, Куыд ма кæнон мæ цард?.. Дæу амардта сæ хъæстæ, Мæн амардта дæ мард. Сау зæрдæтæ лæгхор адæм, Макуы фенут хайыр. О, мæ зынаргъ, мæ удлæууæн,— Хатыр.
Æз дæ сау зын, дæ сау рысты Не сдæн демай æмуд. Ныр фæсмойнаджы сау арты, Уадз, ныссудзæд мæ уд. Кæд дæ фарсмæ ыстыр ныфсау Ле стылд царды фæрдыг, Кæд дæ уазал, афтид хæдзар Æз нæ кодтон фæрныг. Де ’рбацыдмæ æнхъæлмæгæс Нæ, нæ лæууыдтæн æз. Сау фæсмоны æрхæндæг мыл Тауы судзгæ йæ хыз. Ныр... Дæ рæзгæ чысыл хурты О, куыд хъæуы дæ уарзт. Дæу кæй ныууагътон иунæгæй, Уын мын макуы уæд барст. Æз мæ сабиты адæргæй Нал æртæфстæн дæуыл. Ныр мæ адзалмæ зилдзынæн Æз дæ тæлфгæ фæдтыл. О, мæ зынаргъ, мæ удлæууæн, О, мæ зæрдæйы цавд, Раттæг Иры фылдæр уарзтай, Уымæн раттай дæ цард. Уыд æппæтæй зынаргъдæр дын Ир — дæ раттæг — дæ Ир. Маст ыстонг сырдау фестад, Æууилы уды тæгтæ. О, мæ фидар ныфс, курын! ’Рцу мæ рыстмæ, кæм дæ?! Зæрдæ дуды, рæдувы, Сау зындоны ныххауд. Ог мæ удлæууæн уаз цин, Рацу, рауай мæм тагъд. Арв гуыпнæрдæй куы уары, Уад мæ фæрссаг цæвы. Ацы удтæрсæн æхсæв, Курын, рацу, фæзын. Иунæг, лу хатт дæ курын,— Ахсæв хæцæн ныууадз, Рухс дæ цæстыты схудæд, ’Уарзты цинтæ мыл тадз. Курын, ма рацу сайдæй. Курын, ма рауарз мæн. Ныр дæ туджы цыхцырджытæй У йæ хъарм риу лæхъир. Æз дæ уды рæузынджытæй, Нал ыстæфсдзынæн ныр. Ныр кæм бамыр дæ уды фарн, Уым мæ уд дæр ныммыр. Нæ, нæ базыдтон бахизын Дæу, мæ уды лæууæн. Ныр фæсмойнаджы сау арты Сси мæ цæрæн мæнæн. О, мæ Хуыцау, мæ фæлдисæг, Уыд æгъатыр дæ арм, Мах кæй нæ федтам амондæй, Уый нæ хъæбултæн ратт. О, мæрдкъах гуырдзы, тугхортæл Баййафæд уæ æлгъыст!.. Æз мæ ердойæ рафтыдтон Уарзты ризгæ рæхыс. О, мæ цыфыддæр ызнæгтæ, У уæ хъæстæ тæссаг! Амардтат мын мæ рæбинаг, Ирæн — авдсион саг. Баззадысты дæ бæллицтæ, Аскъуыд хъуыдыты хал. Ныр нæ тохы уæлахизыл Цин нæ кæндзынæ, нал. Де стыр къухтыл мæ рогæн Фелвас, фелвас фæлмæн. Зил мæ, зил мæ нæ къæсы... Ам у уазал, æмыр. Уый цы тас мæ æлвасы, Уый цы ’лхъивы мæ хъуыр. Сисæд тасы æнкъарæн, Цæй, дæ тыхджын хъæлæс. ’Мæ дæ цæстыты хъармæй Стæфса цадæг нæ къæс. Æз дæ цæстыты арфы Уарзты батайон, уадз, Курын, Алеш, о, курын, Ахсæв посты ныууадз. Де стыр къахдзæфты уадæй Зæрдæ фестъæлфа рог, Æмæ цадæг дæ хъуырыл 'Ртыхса ризгæ мæ цонг. 59
Ахсæв иумæ хъæрмудæй Байрох кæнæм нæ зын... ...Уый цæй тыхдымгæ сыстад? Уый цы хæссы хъæрзын?.. ...О, мæ хæдэар куыд байхæлд! Уый, бындурэылд фæдæн! Уый мæ Алеш дæр баци Сау фыдгулы кæрдæн. Равдис ма мæм дæ цæсгом, Уый цы ’фсæрм у, цы уаг? Ма мын ныззил мæ бындур, О, мæ зæрдæйы таг. Уый цæй цъæхбын пæлæзæй 'Рымбæрзтæуыдис дæу?! Уый нæ хъæццул куынæ у, Уый дæ нымæт дæр нæу. Скæс дæ уарзаг цæстытæй, Ау, куыд баууæндон æз?.. О, Хуыцау мыл куыд æркалд, Уый цы хуызæн — дæ хуыз?.. О, бындурзылд куы фæдæн,—- Уый цы хуызæн — дæ уынд. Цардæй никуы, нæ зыдтай Рæвдыд. О, митуард, митуард, митуард. Куыд дын уарзтон дæ хауын. Ныр мыл дæ пакъуы згъæлдæй Мæрдон æрхæндæг тауыс. Дæ пакъуы хаутыл расты Алешы туг-цыхцырæг,— Нæ артдзæсты æрхуым цæг — Мæ уæхсчытыл дыдагъ... Цъæх тулдзы сыфтæ хусæй, Арт пиллонæй куы сыгъд, Туг лæсæнæй куы цыд... Цард фæндонæй кæм нæу,— Уым нæ бахызтон дæу, Алеш! О, цыфыддæр ызнаг! Фестæд хъарм хур дын марг. Ныр æппæт дæр фæстейæ,— Ныр æппæтæн кæрон. Уæд мæлæтмæ мæ риуы Дæ ном. О, æлгъыстаг лæгхортæ, Цинæй ахаут тъæпп. Ныр йæ ’нæфыст фыстытыл Алеш ’рывæрдта тæпп. О, цæй рæхуыст дæ бадæн О, мæ Хуыцауы хай. Урс дидинты бæсты мын ’Рхаста сау мæлæт — Май. ...О, цы хуртæ мыл касти, О, цæй тыхджын уыдтæн. Уыд дæ фæтæн фæйнæг риу Царды гæнах мæнæн. Алеш! Ма рацу сайдæй, Курын, ма рауарз мæн,— Уæд нæ дыууæйыл иумæ Царды гæнах кæлдзæн. Уый... дæ сабиты ниуын... Уый сæ дзыккуты тынд... О, мæ удлæууæн уаз цшг О, мæ хъæбулты фыд.~ ♦ Алешы сау мæр урсæй, Мæрддзыгойты ныддаргъ. Гуырдзиаг сау лæгмартæ... ...Алешы хъарм пырхæнтæ, Ног митæмбæрзт къуыпп рагъ..~ О, митуард, митуард, митуард, Куыд дын уарзтон дæ хауын... Ныр мыл дæ пакъуы згъæлдæй Мæрдон æрхæндæг тауыс.. 29 ноябрь 1992 а* ♦ Сыстæд сау зынг дæуыл, . Уыцы ’лгъыст дын кæнын, Ды — æлгъаг!!! Сау мæнгард у уæ уд, Сау хъаймæтыл хæст ут Цас нæ растæй цæгъдут,— Уас! 00
Ма уын разынæд хос, . Фестæд рондз уын нæ хорз! Радæуæд уыл тыгъд зæй Ыстæй. Стут уæ бирæйæ хъал. Цал нæ амардтат, цал... Нал нæ баззади уал, Нал. Уас мæ Иры цæссыг, ’Фестæд арвыл цъæх зынг. Рацæуæд уыл зыдæй Тыгъдæй. Кæд нæ туджы лæсæн, Ис эæрдæйы хæссæн. Кæд зæрдæйы хъæдгом Хурмæ судзы æргом. ...Арт пиллонæй куы сыгъд, Туг лæсæнæй куы цыд... Цард фæндонæй кæм нæу, Уым нæ бахызтон дæу,— Ныббар! Ныббар!!! Алеш! Май. 1992 аз Ма мын амæл, ма, Алеш, мæ зынаргъ, мæ уд-цин, Ма дыл фæтых уæд уыцы мæрдкъахты фыднæмыг. Ма мын сыскъуын мæ уалдзыгон уарзты цъæх æвзар, Ма мын ныккал мæ риуы, Мæ фидар, Мæ цæнгæт — Цъæх Мæсыг. Ма мын баив мæ уалдзыгон рухс хуры тарæй. Ма мын ныззил мæ хæдзар, Мæ бынкъæй, Мæ бындур. Ма мын раскъуын мæ ердойы уарзты цъæх рæхыс, Ма дшн фæкæн Мæ мæгуыр къæс, курын, сылбындар! Ма мын амæл, мæ А-л-е-ш!!! Мæ иунæг, мæ зынаргъ, Ма мæ ныууадз мæгуырæй, сæркъулæй, дзæгъæлæй... 61
Сфæлдыстадон бынтæ АГЪНИАН Ирон адæмæн зындгонд у АГЪНИАНЫ (Цæрукъаты Дзугкайы — Агънаты Увæдзы чызг Даряйы) сфæлдыстзд, Йæ уацмыстæ цыдысты газетты, журналты, хицæн чингуы- тæй — «Мады сагъæстæ» (Цхннвал, рауагъдад «Ирыстон» — 1978), «Мæ лæвар» (Орджоникидзе, рауагъдад «Ир»— 1980) г фæдзурынц сæ радио æмæ телеуынынадæй. Фæлæ уыдон сты йæ бæркадджын сфæлдыстадæн æрмæст йæ иу хай. 1 Нæ журналы дзы дæттæм, ныронг мыхуыргонд чи нæ уыд. уыцы аргъæуттæ, радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, æмбисæндта4,, хъарджытæ æмæ æндæртæ. Сæ мады ныхæстæ ныффыстоГг Цæрукъаты Алыксандр æмæ Владимир. (Уацмысты бын бæ- рæггонд у, æфсымæртæй сæ чи кæцыйы æмæ кæд ныффыста^ уый). Бирæ ран дзырдæуы, æцæг чи цард, ахæм адæймæг- тыл, æмæ сын кæмдæрты сæ мыггæгтæ фæкодтам стъæлфы- ты аууон, мыййаг, сæ байзæддаджы зæрдæ куы фæхудаг уый хынцгæйæ. Ацы æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта В л а д и м н р~ ÆМБИСÆНДТÆ, ТАУРÆГЪТÆ, ЗОНДЫ НЫХÆСТÆ, ÆЦÆГ ХАБÆРТТÆ ÆФСАРМ КÆЦÆЙ РАЦЫД Иу лæгæн йæ сывæллон былæй фæцæйхауди. Йæ сисын бафсæрмы код- та, фæлæ йын йæ хæдоныл ныллæууыд, æмæ саби ауындзæгæй лæууыд, ца- лынмæ ныхасæй адæм згъордтой, уæдмæ. Ц. В. 12.Х1.74. ХОХ ÆМÆ БЫДЫР Хыл кодтой Сæракдзабыр æмæ Æрчъи. Адæм фæрсынц зонынджын лæджы: — Уый та цæмæн афтæ у? 62
— Уый уымæн афтæ у, æмæ хох æмæ быдыр сиу уыдзысты. Сафак- дзабыр быдыр у, Æрчъи та — хох,. Ц. В. 12.Х1.74. ГОЛЛАГ ÆМÆ ХЫЗЫН — ÆМБÆР Голлаг æмæ Хызын хæцыдысты. Сæ баиргъæвынæн амал нæ ардтон^ адæм. Бацыдысты зæронд лæгмæ. — Уый циу? — фæрсынц æй. — Уый — ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ кæстæр æмæ хистæр бæрæг нал уыдзæн. Голлаг хистæр у, Хызын -— кæстæр, уæддæр ын нал бардзæн.- Ц. В. 12.Х1.74. ТЪÆНДЖЫ МÆЙ ЦЫ ЗАГЪТА — Æз сывæллоны йæ уæл-лæх асæлын кодтаин, ефсы мизынцъаг уыр- дыг алæууын кодтаин, фæлæ мæм сæрдæй галы комытæфыйас æрбацыд.., Ц. В. 16. III. 76. АХУЫР Галæн фыргуыстæй йæ бон нал уыд, ныууагъта йæ хицауы æмæ та,, кæдæм фæлыгъд, уым дæр æфсондзы раз схуыссыд. Ц. В. 31.У.76. ТУГИСДЖЫТÆ Дыууæ мыггаджы фæтуджджын сты. Сæ иуы фæсивæд бавдæлдысты æмæ сæ уацы-мацы лæджы тугмаг амардтой иннæ мыггагæн сæ лæгдæры æмæ æппæлынц сæ хъуыддагæй. Уæд сын зæронд лæг, сæ хистæр, афтæ зæгъы: л — Сæ хуыздæры сын амардтат, фæлæ ныр фидаугæ та- кæимæ кæндзы-- стут? Ц. В. 8.У.76. ЛÆППУЙЫ АДЗАЛ Иу лæппуйæн йæ мæлæт цъайæ уыди. Бинонтæ йæ зыдтой æмæ цъайы- къубал бабастой æмæ хъахъæдтой лæппуйы. Уæддæр алæсти, цъайы бастмæ схылди æмæ уым амард. Ц. В. 12.ХН.75. 63
«КÆД ЦÆРÆМ, УÆД — ИУМÆ...» Фехъуыстон æй мæ сæры хицауæй. Фæрсæй-фарсмæ цардысты хъæздыг æмæ мæгуыр бинонтæ. Хъæзды- джытæ гал аргæвстой, мæгуыртæ та хъæдæй мæцкъуытæ æрхастой — æндæр <сæм ницы уыд. Дзидзамæ æрхæлæг кодтой, æмæ бинонты хистæр йæ лæп- пуйæн мæцкъуытæ барвыста цæрæг сыхæгтæн: кæд, дам, цæрæм, уæд — яумæ. Уыдон дæр дзидзафсæстæй адджынæн ахордтой мæцкъуытæ. Мæгуыр лæг фенхъæлмæ каст, кæд сæ кусартæй схай кæниккой, зæгъ- хæ. Фæлæ — ницы. Уæд та сын ноджыдæр барвыста. Хæрд та фесты ацы хатт дæр. Афтæмæй-афтæмæй мæгуыр бинонтæн сæ мæцкъуытæ иууылдæр сыхæг- ?ы хай фесты æмæ сæхæдæг æнæ ’хсæвæрæй баззадысты. Ц. В. «ЧИ МÆ РАКУЫРДТА, УЫДОНМÆ...» Иу чызджы моймæ радтой. Мидхъæуккаг æй ракуырдта. Хæсгæ йæ нæ- ма ’ркодтой. Лæппу, кæй хæсдзынæн, уый фенон, зæгъгæ, бацыд чызджы хæдзармæ. Дуарæй кæсы, æмæ — чызг аг стауы. Сир кæны, аг стуанæй сыстауы æмæ та йæ асдæры. — Чызг, дæ мад кæм ис? Уый йæм, сдæргæ-сдæрын, фæрсмæ хъоппæг цæстæй ракаст: — Чи мæ ракуырдта, уыдонмæ! — Æ, дæу чи ракуырдта, уый дæр — дæу хуызæн! Аздæхт лæппу æмæ хъуыддаг фехæлдта. Ц. В. ФÆЛДИСÆГ Иу хæдзар фæлдисинæгтæ скодтой, фæдзырдтой сæ сыхаг зæронд лæг- мæ. Уый фæлдисы фынг. Гæды фынджы бынты рауай-бауай кæны, йæхи хафы зæронд лæджы къæхтыл. Уæд уый фæмæсты гæдымæ: — Æцитт, ды дæр ацы мардæн фæлдыст фæу!.. Ц. В. «АБЕ КУЫ РБАЦÆУА...» Бæрæгæхсæв иу сидзæргæс ус æртæ кæрдзыны скодта. Цалынмæ фых- тысты, уæдмæ сæм сывæллæттæ бакæс-бакæс кодтой, фæлæ куы рацæттæ ■сты, мад сæ уæддæр нæма дæтты: кувын, дам, сæ хъæуы, мæнæ Абемæ фæдзурæм. 64 \
Æрбахуыдтой сыхаджы. Фынджы раз æрбадт æмæ уал ракувыны агъом- мæ иу цъусдуг ныхæстæ кæны æфоинимæ. Кæстæртæй чидæр: — Гыцци, афтæ куы загътай, Абе куы ’рбацæуа, уæд хæрдзыстæм?! бинонтæм: Уæд зæронд лæг цармæ скаст, «Хуыцау!», зæгъгæ, фæкодта æмæ дзуры — Гъеныр лæбурут! Ц. В. ХÆЙТТÆ УАРÆГ Æххуырст хæринаггæнæг æлдары бинонтæн карк уары. Базыртæ стыдта æмæ дзуры чызджытæм: — Ахæрут æмæ амонды базыртыл атæхат! Къæхтæ дæтты æлдары лæппутæн: — Ахæрут, æмæ уæрагвидар уат! Сæр дæтты æлдарæн: — Ды не ’ппæты сæр дæ, æмæ дын — сæры хай. Æхсинæн æвæры зæрдæ: — Ды та нæ зæрдæ дæ. Зæрдиаг цард фæкæн дæ бинонтимæ! Фæстагмæ карчы мард систа: — Гъйай ма дзы ис, æмæ уый та — мæхи! Ц. В. 8.У.76. «МÆЛГÆ ÆЗ КОДТОН...» Иу хæдзары дыууæ рынчыны уыд. Тыхст уыдысты, æмæ дзы иу амар- ди. Бинонтæ уый койыл куы фесты, уæд, уымæ кæсгæйæ, иннæ рынчын ба- кодта: — Кæсут-ма адонмæ: мæлгæ æз кодтон, афтæмæй уый кой куыд кæ- нынц иууылдæр!.. Ц. В. «КУЫ-МА МÆ ДЗЫ УАИД...» Хæдзары тынг рынчын хуыссыд. Мæлæг удæн æнтыды цымгæ йеддæмæ йæ разы цы авæрдтаиккой, уый нæ уыд. Æркодтой йын, æмæ йæ ацымдта. — Ацымдзынæ-ма дзы? — Куы-ма мæ дзы уаид... Авæрдтой та йын, æмæ та йæ ацымдта. — Ацымдзынæ ма дзы? — Куы-ма мæ дзы уаид... б Мах дуг № 3 65
Уæд стонг бинонтæй иу фæхъар ласта: — Куыдзы ус, куыдзы туг дын фестæд! «Куы-ма мæ дзы уаид, куы-ма мæ дзы уаид»-æй йæ цымд фæци! Д. В. ИУ ЛÆГ БÆХ ЙÆХИ КУЫД БАКОДТА Æмбисонды хорз бæх уыд кæмæдæр. Тынг ын æм æрхæлæг кодта иу лæг. Цæмæй бæх йæхи бауыдаид, уый тыххæй йæхи чызг скодта. Чызджы дарæсы йæ федта бæхы хицау æмæ йæ курыныл ныллæууыди. «Чындз» куы хастой, уæд сыхæгтæй иу, къуытты лæг, дзуры чындзхæс- джытæм: . . „ .**« ^^гг’^^Щг^^] — Нæн у! Нæн у! Уыдон афтæ банхъæлдтой, кæд «мæн у» зæгъы, фæлæ уый та «нæл у» æмбарын кодта. — Ау, куыд дæу у, мах æй хæсгæ куы кæнæм, уæд?! — худтысты йыл. Фыццаг æхсæв «чындз» загъта йæ кумтæн: — Мæнæн мæ закъон афтæ у: кæрты æд саргъ бæх бабæттæд, цæугæ мæм ма-ма ’рбакæнæд, фæлæ уал дуары зыхъырæй йæ сæр æрбадарæд. Бакодтой афтæ... Лæг дуары зыхъырæй йæ сæр æрбадардта, «чындз» ын æй дуарæхгæнæнæй æркъуырдта, цæттæ бæхыл абадт æмæ афардæг. Ц. В. ЧЪЫНДЫ ÆФСИН ÆМÆ ХИНÆЙДЗАГ УАЗÆГ Иу ус уазæг нæ уагъта йæ хæдзармæ. Уæддæр иуахæмы лæг кæйдæр бахуыдта. Загъд кæны, замана кæны æфсин, хæцы лæгмæ, цæмæн, дам, тыххуынд кæныс, мидæгæй цы ис, уымæн куы ницы зоныс. — 0, хорз ус,—зæгъы уазæг,—æз не ’фсины нæ бафæрсгæйæ, нæ хæ- дзармæ лæг куы бахонин, уæд хæцгæ нæ, фæлæ мæ маргæ дæр акæнид. — Дæ цæрæнбон бирæ ’рбауа, уазæг! Ды зоныс æфсинæн аргъ кæнын. Ай та тыххуынд кæны йæ хæдзармæ. Æмæ ус — кæм цы уыди, кæм цы нæ уыди — иууылдæр сæ æрхаста. Нæртон фынг æрбацарæзта уазæгæн. Ц. В. ЧЪЫНДЫТÆЙ ЧЪЫНДЫДÆР Сыхы цард тынг чъынды ус. Цынæ хуызы йæ фæлвæрдтой, фæлæ къæрт- тæй цъула не ’ппæрста. Æрхъуыды ма йын кодтой афтæ: ,— Дæ куыдзы л...-ма нын авæр! — Æмæ дзы мæ кæфой куы сæрдын — мæ куыдзы л...-æй! Ц. В. 66
ФЫДЫУС ’Фыдыус нæ уарзта йæ лæджы лæппуйы, æмæ дзы фервæзынвæнд скод- та. Йæ мизг ын æндахæй бабаста æмæ йын «амиз,амиз» кæны. Саби бын- тон æнахъом уыд, кæуын йеддæмæ сдзурын дæр йæ бон нæ уыди... Ныт- тыппыр, йæ мисындзæг атыдта æмæ амард. Цæмæй амард, уый лæг зонгæ дæр нæ бакодта. Ц. В. 2.Х.76. ХÆЗГУЛДАР УС Иннæ ус та хæзгул дардта. Куыд дзырд уыдысты, уымæ гæсгæ хæзгул æрбацыд, фæлæ ацы хатт лæг хæдзары разынд. Ус, хæзгул æй куыд хъуса, афтæ хъæрæй базарыд, авдæн узгæйæ: — Агуыес, агуысс! Хъуыррутт, дысоны бирæгъ, Лæппуйы фыд ам ис, ам! Лæппуйы фыдмæ кард ис, кард! Æддаг дæр хабар бамбæрста æмæ йæхи айста. Ц. В. «УАЗÆГ, ДÆУМÆ КУЫД КÆСЫ?...» Уазæджы раз ус йæ лæджы сæр арынгхафæнæй æрдаудта æмæ йæ пырх акалд. — Уазæг ,уый дæумæ куыд кæсы? — йæ сæрыл хæцгæ, фæрсы лæг. — Уый ницы у. Мæныл ахæм цæфтæ бирæ уайы. Хорз æй федтей. Райсомæй сæхимæ куы цыд, уæд лæгмæ дзуры уæл- бæхæй: — Иу бон дæр йемæ мауал фæцæр: бахæрдзæн дæ! Ус ма уый дæр расырдта, фæлæ барæджы цу ’мæ ды аййаф! Ц. В. 31.У.76. ЦИНÆЙ — ЗИАНМÆ Дыууæ сывæллоны — чызг æмæ лæппуйы ныййарджытæ — рагацау ба- фидыдтой: сæ кары куы бацæуой, уæд нæ сабитæ бинонтæ бауæнт, æмæ хæстæджытæ уыдзыстæм, зæгъгæ. Иуафон лæппу чызджы æрхаста. Чындзæхсæвы адæм гаджидæуттæ фæуагътой: «Авд лæппуйы æмæ сын иу цъæх чызг куыд райгуыра, хорзæй куыд базæронд уой...» Уыцы заманты-иу чындзæхсæв ахаста æртæ боны, суанг къуыри дæр. Лæппу бафæллад уал боны æнæ хуыссæгæй. Йæ мадæн загъта æмæ йын 67
уый къæбицы иу къуымы бауат кодта. Лæппу уадидæгæн тарф фынæй аци. Ног усджыны æмбæлттæ уый куы базыдтой, уæд сæ ахъазын æрфæн- дыд... Æнæ нозты хъæстæ дæр кæм уыдаиккой уæдæ. Уыцы зымæгон уазалы къæбицмæ къæртайы дзаг ихджын дон бахастой æмæ йыл æй бакалдтой. Лæппу йæ тарф фынæйæ сонт хъал фæци, сонт гæпп фæкодта æмæ уыйадыл йæ зæрдæ аскъуыд... Цин зианмæ раивтой. Бæстæ марой сси. Чындзы марды цурмæ бакодтой, уый йыл йæхи æркъул кодта æмæ йæ зæрдæйы кард фæтъыста. Адæм сын иу чырын скодтой, иу ингæны сæ баныгæдтой. Гъе, ахæм бæллæхтæ дæр цыди. Ц. А. 10.У.75. МАРДЫ ХÆРЗТÆ КУЫД ФЫСТÆУЫД Иу лæппуйæн йæ мад базæронд æмæ йæ тæсчъы нывæрдта, сæккой йæ кодта æмæ йæ хæссы кæм къуыпп — кæм дзыхъы. Фæндаггон сыл амбæлди: — Уый цы хæссыс? — Мæнæ мæ мад базæронд, хорз мын уыд, æмæ йын йæ хæрзтæ фидын: ме ’ккой йæ хæссын кæм къуыпп — кæм дзыхъы. Уæд ын фæндаггон афтæ амоны: — Кæд дæ мадæн йæ хæрзтæ фидыс, уæд æй лæгмæ радт. Лæппу катай кæны: «Ныр ай куы ныззокъо, уæд дзы чи цы кæны, куыд æй радтон лæгмæ?» Уалынмæ дын æм зæронд ус тæскъæй куы ’рдзурид: — Лæппу, уыцы лæг дын куыд зæгъы, афтæ бакæн. Ц. В. НОГ ЧЫНДЗ ÆМÆ ЙÆ ХИЦАУ Дæллагхъæуæй Уæллагхъæумæ ног чындз лыгъди. Æрбамбæлд ыл фæн- даггон лæг. — Кæдæм лидзыс, цы ’рцыд? — Мæ хицауы дзабыртæ ластон, æмæ мæ тъ... аирвæзти... Уæд ын лæг афтæ зæгъы: — Цæмæй ма дын æй Уæллагхъæуы дæр фехъусой, уырдæм уый тых- хæй тæхыс?.. Ц. В, САУДЖЫНЫ АМЫНД Сауджын лæгты ардыдта: — Уæ устытæм ма хъусут. Цы уын зæгъой, уый иннæрдæм кæнут! 68
Иу чидæр уыцы æмбырды нæ уыд. Ныр æрбацыд сауджынмæ: — Абон хорз уынаффæтæ бакодтат... — О, бацамыдтон сын хорз зонд. Дæуæн дæр зæгъын: дæ усмæ м’а хъус! — Уæдæ мæ бинойнаг абон афтæ зæгъы, сауджынæн, дам, нæ нарддæр фысы радт. Сауджын фæцырд: — Æмæ ахæм дзæбæх усмæ байхъусын æмбæлы... Ц. В. 8.У.76. ДЗЫХДЖЫН УСГУР ÆМÆ ЙÆХИ АККАГ ЧЫЗГ Иу усгур лæппу, цыргъдзураг, чызджытæй никæуыл æрвæссыд. ,Æз, дам, хъуамæ мæхи хуызæн — дзыхæй дæсны чи уа, ахæм ракурон. Фæлæ йæ нæ ардта. Иу хæдзармæ йын бацамыдтой: уыдоны чызджы-ма бавзар. Æмæ сæм бацыд. Рабадти. Хæринаг ын скодтой. Рахастой æйчытæ дæр тæбæгъы. Уазæг æйчытæм æркаст æмæ афтæ зæгъы: — Мах арвыл стъалытæ иу фылдæр вæййынц. Чызг дæр æркаст тæбæгъмæ æмæ дзуапп радта: — Мах арв дæр афтæ у, фæлæ мигъ куы рацæуы, уæд стъалытæй иу аууоны фæуын дæр зоны. Усгур загъта: «Мæхицæй цыргъдæрыл сæмбæлдтæн гъеныр!» 0, æмæ цы загътой дыууæ адæймаджы? Усгур тæбæгъыл тæвд айчы фæдмæ гæсгæ базыдта, иу айк ма дзы æвæрд кæй æрцыд æмæ уым кæй нал и. Чызг та йын афтæ бамбарын кодта: тæбæгъ мæ кæстæр хо рацæйхаста æмæ æйчытæй иу сусæгæй ахордта. Ц. В. 20.ХН.74. БЫНТОН ÆНÆХИН Кæсгон æлдар æмæ ирон æлдар фæбыцæу сты. Кæсгон æлдар загъта: —- Дунейыл бынтон сыгъдæгзæрдæ, бынтон æнæхин лæг нæй. — Ис,— зæгъгæ, загъта ирон æлдар.-— Мæнмæ иу лæг фосгæсæй кусы, æмæ уый ахæм у. — Уый мæн нæ уырны. Фæлæ кæд æцæг ахæм разына, уæд дын æз рат- дзынæн фондзыссæдз хъуджы æд рæуæдтæ, кæд нæ разына, уæд та мын — ды. Афтæ рахæснаг кодтой, æмæ кæсгон уыцы фыййауы фæлварынмæ ара- сти. Йæ чызг дæр — йемæ. Уæтæрмæ йæм бацыд. Ирон æлдары кусæг тыя* сбуц кодта уазæджы, уæрыкк дæр ын аргæвста, хорз фынг ын æрæвæрдта. Фæлæ æлдар не ’вналы. — Цæуылнæ саходыс, адон дæуæн æвæрд куы сты? — Æз уæд бахæрдзынæн, æмæ, цы зæгъон, уый куы бакæнай. 69
— Хорз. Табуафси! ; — Уæдæ мын уæртæ бæхтæн сæ хуыздæры аргæвд, æмæ уымæй бах&р- дзынæн. — Нæ, уымæн гæнæн нæй. Æз уый нæ бакæндзынæн. Уæд æлдар афтæ зæгъы: — Дæс æмæ дыл дыууиссæдз азы цæуы, сылгоймаг цы у, уый нæ зо- ныс: мæнæ мæ чызг дæ бар фæуæд, æмæ мын уæддæр бæх аргæвд. Мæгуыр фосгæс хъуыды’ кæ’ны: «Æцæг, æцæг, мæ цард цйу: дæс æмæ мыл дыууиесæдз азы рацыд, æмæ сылгоймаджы тæф нæ базыдтон... Цæй, аргæвдон ын мæ хицауы бæх». Æлдар æй йæ чызгимæ хибар мусонгмæ барвыста, æмæ йый уæд фый- йау аргæвста бæхты хуыздæр. Дыккаг бон дæр та фæзынд кæсгон æлдар йæ чызгимæ. Фынг та йын ацарæзта кусæг — уæрыкк æмæ ма, цы ’мбæлы, уыдон. Нæ, не ’вналы фынг- мæ æлдар: — Иу хорз бæх ма ис дæ рæгъауы, æмæ мын ныр та уый аргæвд. — Уый та куыд? Мæ хицау цы зæгъдзæн, йæ бæхты хуыздæртæй йьт дыууæйы куыд фесафон? — Мæ чызг та дæ бар уыдзæн, æмæ аргæвд бæхы... Зæгъдзынæ: былæй ахаудысты, кæнæ — бирæгъ сæ аргæвста, кæнæ — дон сæ аласта. Сразы та фосгæс, аргæвста дыккаг бæхы дæр. Цас бонтæ рацыд,— чи зоны? — фæлæ дын иу бон æлдар йæ кусæгмæ куы сæрвитид: æрцу, дам. Æмæ рараст. Фæцæуы, æрлæууы, йæ лæдзæг æрсадзы æмæ йемæ дзу- ры, цыма лæдзæг йе ’лдар у, афтæ. «Гъы, куыд сты фос? — Хорз сты, иннæ азтæй —хуыздæр: фыстæ — нард, алкæмæн — иу уæрыкк кæнæ — дыууæ, хъуццытæ — æхсырджын, алкæмæн дæр — рæуæд... Хизæнтæ дæр хуыздæр уыдысты ацыйаз...» Фæлæ бæхты кой куынæ уа, уæд бафæрсдзæн: — Бæхтæ та куыд сты? — Уыдон дæр хорз сты... ’Фæлæ хуыздæр дыууæ бæхы дон аласта. — Ау, куыд сæ аласта? Æмæ уæд æгуыдзджыты куыднæ ласта? — Нæ, былæй ахаудысты... — Æмæ уæд иннæтæ раздæр куыднæ хаудысты? — Нæ, бирæгъ сæ бахордта?..» Цæуы лæг, катай кæны, æрлæууы, йæ лæдзæг æрсадзы, цыма йе ’лдар у, афтæ йемæ ныхæстæ кæны... Æрхæццæ. Йе ’лдары фарсмæ бады кæсгон æлдар. — Гъы, куыд сты фос? — Хорз сты, иннæ азтæй — хуыздæр: фыстæ — нард, алкæмæн — иу уæрыкк кæнæ дыууæ, хъуццытæ — æхсырджын, алкæмæн дæр — рæуæд... Хи- зæнтæ дæр хуыздæр уыдысты ацыйаз...» | — Æмæ бæхты тыххæй куы ницы зæгъыс... Бæхтæ та? Уæд радзырдта фосгæс, хабар куыддæриддæр æрцыд, афтæ. 70
Фæстагмæ бафтыдта: — Цæй, æмæ цас диссаг у, лæг йæ каисæн кусæртытæ куы акæна, уæд уый! Ацы ныхасæй кæсгон æлдарæн фенцон, йе ’фсарм хъахъæд æрцыд, æмæ загъта: — Æз фæхæрды дæн: æнхъæл куыднæ уыдтæн, афтæ раст радзырдта бæхты сæфт. Фондзыссæдз хъуджы дæу сты, мæ ирон æрдхорд. — Уæдæ афтæ нæ,— дзуры йæм фæстæмæ ирон æлдар.—■ Хæснаггаг мæ- нæ мæ кусæгæн раттæм. Чындзæхсæвы хæрдзтæ дæр æй куы хъæудзæн. Афтæмæй мæгуыр фосгæс æрхаста кæсгон уæзданы чызджы, æмæ æл- дæртты æмсæр рабадт. Æмсæр нæ, фæлæ уыдонæй уæлдæр фæци: сæ цар: ды уынаффæйæ уый фæрсын райдыдтой; Ц. В. 20:ХН.71. УÆЛЛАДЖЫРОН МÆСЫГАМАЙДЖЫТÆ Уæлладжыры комæй цыппар лæджы — мæсыгамайджытæ — куыстой гуырдзиаг æлдарæн. Уыди сын тæлмацгæнджытæ, æлдаримæ ныхас куыд кодтаиккой, афтæ. Ирæттæ гуырдзиагау нæ зыдтой. Самадтой йын стыр фидар. Йе сцæттæйы бон æлдар йæ адæмимæ æр- нымадта, æмæ тынг бирæ фæллой бафидын хъуыди кусджытæн. Æлдар йæхиуæттæн афтæ зæгъы: — Ныр мæсыг — цæттæ. Кусджыты ахсæв амарæм, æмæ фидын дæр нал бахъæудзæн. Фæлæ уыцы ныхас уæлладжырæттæй иу бамбæрста: уый гуырдзиагау зыдта, хъæр æй нæ кодта. Æмæ гъеуыцы лæг мæсыджы алыварс æрзылд, кæстытæ йæм кæны, цы- ма йæ фыццаг хатт федта. Разылд та иннæрдæм — кæсы æдзынæг. Йæ арм амады иу дурыл æрæвæрдта æмæ йæ сæр æнкъусы. Федтой йæ иууылдæр, æрæмбырд ыл сты. — Цы кæныс? — бафарста йæ æлдар. — Рæдыд æруагътам: ацы дур раст æвæрд нæу, æмæ мæсыг кæлгæ кæндзæн. — А-а, уый та куыд? Æмæ йын ницыуал хос и, æнæ мæсыг фехалгæ? Лæг та йæ сæр бауыгъта: — Мæсыгаразæнтæ мемæ куы фæцадаиккой, уæд æй уыдонæй барæвдз кæнин. — Æмæ кæм сты? — скатай æлдар. — Уыдон нæхимæ сты — Уæлладжыры, æмæ сæм æрвитын хъæуы. Ар- вит сæм, æлдар, тынг æууæнкджын адæмы, дæумæ æввахсдæр чи уа. Æлдар рабæлццон кодта йæ хистæр фырт æмæ йæ каисы. Мæсыгамайæг ирон лæг сын фæдзæхсы: — Уыдон хъазар дзаумæттæ сты, хуымæтæджы сæ нæ ратдзысты. Фæ- лæ-иу сымах нæхимæ зæгъут афтæ: «Уæ фырт фæдзæхста: нæ фидар скъæ- 71
ты бур галы бынаты бабæттут сау галы, сау галы бынаты та бур галы». Уæд уын ратдзысты мæсыгаразæнтæ. Бæлццæттæ æрхæццæ сты Уæлладжырмæ. Бацыдысты, чи сæ рарвыста, уыдонмæ. Загътой: «Уæ фырт фæдзæхста: нæ фидар скъæты бур галы бы- наты бабæттут сау галы, сау галы бынаты та — бур галы». Фысымтæ уый куы фехъуыстой, уæд æрцахстой дыууæ лæджы æмæ сæ фидары бакодтой. Æлдар æнхъæлмæ кæсы — ныр æрбахæсдзысты, уæд æрбахæсдзысты мæсыгаразæнтæ. Фæлæ йæ минæвæрттæ фесæфтысты. Иуафон баздæхт мæсыгамайæгмæ: — Цы фесты мæ фырт æмæ мæ каис? Уый дæр цæттæ уыд: — Уыцы галтæн сæ хосы цъупп куы раттис, науæд знæт кæнынц... — Уый куыд æмбаргæ у? — Уый та афтæ æмбаргæ у, æмæ нын нæ мызд радт, намæ дæ адæмы нал федтай. Бамбæрста гуырдзиаг æлдар йæ уавæр, радта кусджытæи сæ мызд уæл- дайджынтæй æмæ ма лæгъстæмæ дæр фæцыд Уæлладжырмæ. Ц. В. 20.ХИ.71. ÆРТÆ ЧУ1ГАРЫ, КÆНÆ ЧИ УÆЗДАНДÆР У Уæлладжырон лæппу иу чызджы бауарзта Куырттаты. Тынг рæсугъд чызг уыди, дæтгæ дæр ын æй кодтой, фæлæ дзы агуырдтой ахæм ирæд: фай- тоны ифтындзгæ дыууæ бæхы — æмхуызон куыд уыдаиккой, афтæ æмхуы- зон, æмæ сæ иуы ныхасы цурты идонæй ралас, уый фæстæ та йæ иннæмæй баив æмæ та йæ адæмы рæзты баскъæр, уæд ивддзаг куыд ничи базона. Лæппу нæ ардта ахæм бæхтæ. Уæдæ æндæр бæсты бавзарон, зæгъгæ, фæцыди Ногъамæ, уым ын æрдхорд уыдис æмæ уымæ. Раст уыцы заман йе ’рдхорд ус ракуырдта, абон чындзæхсæв фæци, адæм фæйнæрдæм фæивылдысты, дыууæ къайы баззадысты уаты æмæ ны- хæстæ кæнынц. Уазæгæн уыцы хъуыддæгтæ бамбарын кодтой, загътой йын: «Аздæх, лæппуйы дæумæ нæ равдæлдзæн, кæсгæ дæр дæм нæ ракæндзæн». Æрцæуæг зæгъы, мæ ном æм рудзынгæй бадзурут, рацæудзæн, дам. Уæд ног усджынмæ бахъæр кодтой уазæджы ном. Уый — чындзмæ кæс- гæ дæр нал, фæлæ рагæпп ласта уазæгмæ. Бафарста йæ, базыдта йын йæ цыды сæр. Æмæ уый дæр катай байдыдта: уæдæ кæм ссардæуа ахæм дыу- уæ æмхуызон бæхы. — Цом, Кæсæджы фенæм. Уым хорз бæхтæ бирæ ис,— загъта ногъайаг лæппу. Æмæ уыцы фæдыл араст сты. Кæсæджы, фæрсгæ-фæрсгæ, æмхалдих дыууæ бæхæн сæ фæдыл фæхæст сты. Хæдзары хицауæн радзырдтой сæ хабар: чи сты, цæмæн сæ хъæуынц бæхтæ. Æлхæнгæ дæр сæ бакæниккой. Райстой дзуапп: 72
— Уыцы дыууæ бæхы нæ лæппуйæн мадырвадæлты лæвар сты, æмæ сын лæваргæнæн дæр иал ис, уæйгæнæн дæр, ивæн дæр. Æнкъардæй раздæхтысты лæппутæ. Уалынмæ — бæхты къæхты тъыбар- тъыбур! Иу лæппу сæ æрбаййæфта: — Уæ хорзæхæй, раздæхут! Уыцы бæхтæ мæнæн лæвар сты, æмæ сæ дæттын нæ ирон æмгарæн ахæм фæрнæйдзаг хъуыддаджы тыххæй. Фæцин сыл кодта, радта бæхтæ, йæхæдæг дæр семæ рацыд. Цæуынц хъæлдзæгæй æртæ ’мгары. Сæ зæрдæтæ сты рухс: æгайтма ахæм хорз хъуыддаг саразын бафтыди сæ къухы. Дзурынц, дзурынц дарддæр, æмæ ахæм уынаффæ бакодтой: ногъайаг абон ус æрхаста, ироны хъуыддаг дæр арæзт у, æмæ уæдæ ацы фæндагыл кæсгонæн дæр хъуыддаггонд æрцæуæд. Кæсгом загъта: — Ацы фæндагыл мæ зæрдæмæ фыццагдæр чи бацæуа, уый курын! Афтæмæй дын куы бахæццæ уаиккой Куырттатæм. Фæцæуынц, уæлла- джырон каистæ кæм агуырдта, уыцы хъæуы уынгты. Иу ран дын, мæ хур акæнай, уынджы рæсугъд чызг къæртаты дон фæхæссы. Кæсгоны зæрдæмæ фæцыд. Уыцы сахат хъуыддаг кæнын байдыдта. Ракуырдта йæ, æрхаста йæ. Ирон æмæ ногъайаг уыдысты къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Кæсæгмæ чындз куы ныххастой, уæд лæппуйы фыд ба- фиппайдта, ирон æнкъард кæй у, уый. — Цы кæныс, мæнæн æй зæгъ! Уазæг æй нæ хъæр кодта фыццаг, фæлæ йын кæсгон æрдхорды фыд дзæбæх æрныхас кодта, æмæ .уæд загъта: — Цы чындз уæм æрбахастам, уый, æз кæй куырдтон, уый у. Дарддæр радзырдта, уый фырты зæрдæмæ куы фæцыд, уæд йæхи фæнд куыд басусæг кодта æмæ хабæрттæ афтæ куыд рауадысты, уый. Кæсгон лæг хъазт баурæдта, пæуæг уац адæмæн бамбарын кодта, йæ фыртмæ фæдзырдта: — Чызджы ахæссут фæстæмæ Ирыстонмæ. Дæуæн уыдзæн дæ хо, ацы лæппуйæн та — йæ бикойнаг! Æмæ афтæ бакодтой... Гъеныр уыдонæй чи уæздандæр у? Йæ ног усы чи ныууагъта æмæ лы- мæнæн йæ тыхсты фæдыл чи ацыд, уый? Æви, йæ нæфæтчиаг зынаргъ лæ- вæрттæ æнæзонгæ æмгарæн чи радта æмæ йæ хъуыддаджы чи бацыд, уый? Æви, йæ уарзон чызджы зонгæ-зонын æфсæрмæй æмгары хæдзармæ чи ауагъта, уый? Чи сæ у уæздандæр? Æз æй зонын, фæлæ йæ сымах дæр зæгъут... Ц. В. 21.ХН.71. БАНХЪЫЛОНЫ КОМ Ныр æй Банхъылоны ком хонæм, фæлæ уый хабар афтæ уыд. Комы дымæгмæ царди иу ус, халагъуды, иунæгæй. Уыди Дыгурæн ра- 73
цæугæ, Байхъулты чызг, бма — Байхъулон. Æмæ адæм уымæ гæсгæ кЫ хонын райдыдтой Байхъулойы ком. Раздæр ын цы ном уыди, уый не ’рыхъуы- стон, уый нæ баззад. Ныр та адæм уыцы усы дæр рох кæнын байдыдтой æмæ ком хонынц Банхъылоны ком. Ц..В. 22.ХН.75. «КЪАЗНА ТЫХДЖЫН У...» Бадилаты Хъæрæгъæцæй куы асырдтой, уæд ма дзы рынчынтæ æмæ мæгуыртæ баззадысты. Се ’ппæт хъæздыг нæ уыдысты уыдон дæр. Фæди- сты фæстæ Хъарманæй мацы-уацы лæппутæ бацыдысты æмæ Зехъеты Хъуы- бадыйы рынчынæй йæ хуыссæнуаты баййæфтой. Йæ бынæй йын ластой йæ гобан, æмæ сын Хъуыбады афтæ зæгъы: — Цы кæнтæ, бйццеутæ?.. Къазна тухгин æй!» Лцы ныхас уæдæй баззад. Хъуыбады афтæ йæ зæрдæ дардта: паддзахы адæм та ссæудзысты æм#, Бадилаты чи хъыгдардта, уыдоны бафхæрдзысты. Ц. В. 22.ХН.75. МАРДАХУЫР Нана мын æй дзырдта... Дагомы иу хæдзарыл зйан æрцЫд. СудзаТгаджы уæлхъус хъарæг кæнЫ хæдзары зæронд ус: — Мах мардахуыр куынæ стæм, мардахуыр, мæ бон, уæд ныр цы кæ- нæм... •> , Уым уыдис Бурдзиуты Гæлæбу. Уый хæдзарыл зиантæ арæх цыд. Хъа- рæггæнæджы ныхæстæ йын стыр хъыг фесты æмæ æнæдзургæйæ бацыд, чырыныл схæцыд, æргъæвы йæ йе ’ккоймæ. — Уый цы кусыс? Цы кæныс? — Мах уæдæ мардахуыр стæм, æмæ йæ нæхимæ хæссын! Ц. В. ДЖЕРАПТЫ ХЪÆРЦЦЫГЪАЙЫ ТУДЖЫ СИДТ Джимиаг ус бадт йæ хæдзары дуармæ æд чыргъæд — архайдта йæ миа- гыл. Уæлхæдзар сыхæгты дыууæ куыдзы фæхыл сты. Кæрæдзийы тонгæйæ, уæлуваддарæны къæйтимæ рахаудтой сывæрджын усыл. Ус фæмард. Кодтой йын хист. Уыцы ран зианджынимæ цæуылдæр фæбыцæу Дже- рапты Хъæрццыгъа. , Зианджын ын загъта: > — Æ, магуса, хæдуагъд цæнгтæ!.. — Чи? Мæнæ адон?..—скатай Хъæрццыгъа. Цы-ма сдзырдтаид, уый нал 74
зыдта, æмæ мафдджынæн йафидис кæнынмæ хъавыд, сæ зйан куыйты аза- рæй кæй æрцыд, уыцы хабар, æмæ афтæ фæкодта: — Дыууæ куыдзы уæ дзæбæх куы амардтой!.. Зианджын лæг афтæ фенхъæлдта, Хъæрццыгъа зæгъы, мæнæ ды хæ- дуагъд кæй хоныс, уыцы цæнгтæй æз сымах хæдзайраг дыууæ куыдз-адæй- маджы дзæбæх куы амардтдн, зæгъгæ, æмæ Хъæрццыгъайæн йæ хъусыл ныххæцыд æмæ адæммæ ныхъхъæр кодта: — Марæг мæнæ Джерапты Хъæрццыгъа у! Йæхæдæг афтæ зæгъы!.. Дыууæ туджы бафыста Хъæрццыгъа — усы тыххæй дæр æмæ, чи нæ райгуырд, уыцы сывæллоны тыххæй дæр. Уæдæй фæстæмæ уæлладжырæгтæй исчи йæхи ныхмæ куЫ фæрæдийы ныхасæй, уæд адæм афтæ акæнынц: «Джерапты Хъæрццыгъайау даёхиуыл туджы сидт кæныс?» • Ц- в. ХÆЙРÆДЖЫ ÆЛГЪЫСТ Цæрукъаты Уыгъалыхътæм хæйрæг ахст уыд. Донмæ-иу æй арвыстой æмæ-иу тынг æрæгмæ æрбацыд. — Цæмæн афтæ кæныс? — фарстой йæ. — Дон алы низ, алы чъизи ласы, йæ сыгъдæг æрæгмæ рацæуы, æмæ уымæ фæкæсын. Хæйрæджы алы майрæмбон дæр хъуыдис сæрдасæндзæф фæкæнын. Иу майрæмбон хæйрæг скатай: сæрдасæндзæф æй чй фæкодтаид, нæлгоймæгтæй ахæм ничиуал баззад хæдзары — иууылдæр æддæ ивылды уыдысты. — Уæдæ, Цæрукъатæ, иударонæй фæцæрут, иуæй-иумæ фæцæут! — рал- гъыста хæйрæг æмæ фæдæлдзæх. Уæдæй фæстæмæ Цæрукъаты мыггаг счысыл. Ц. В. ÆХХУЫРСТ Ч...ты Дзæдзетæм æххормаг азы цардис иу æххуырст, йæ ном — Иван. Хæдзармæ йæ мидæмæ нæ уагътой: æхсæв-иу хуыссыд бæхты цур зымæгæй, сæрдæй. Хæринаг дæр ын æддæмæ лæвæрдтой. Куыста æнæ мыздæй, гуы- быны хæрдыл. Бирæ азты фæстæ æххуырст сæхимæ цæуынвæнд скодта. Мысыд йæ мад, йæ фыды. Уыдон Уæрæсейы цардысты. Дзæдзе йын фæндаггаг нæ радта, кæд ын Иван цыфæнды бирæ куыста, уæддæр. Иван æвиппайды фæрынчын йæ тъæнгтæй. Мæлыны къахыл ныллæууыд. Хуыссыд сарайы, нартхорхойæн кауыл. Нæ сых хъус-хъусы дзырдтой, кæд ыи йæ хæринагыл исты ныккодтой æмæ уымæй фæрынчын, зæгъгæ. Сыхæг- тæ йæм сæ цæст дардтой. Мах дæр-иу ын исты1 бадавтам. Иучысыл куы фæсæрæн, уæд та йæ фæндаджы кой райдыдта, фæлæ та 75
йын фæндаггаг нæ лæвæрдтой ныр дæр. Уæд махмæ æрбацыд æмæ йын уæ фыд æртæ сомы радта æмæ Иван Уæрæсемæ ацыд. Уый фæстæ йæ хабар сыхъуыст, амарди^ зæгъгæ. Алыхуызы дзырдтой: чи — «йæ гуыбынæй амард» загъта, чи та — «топп сыгъдæг кодта, æмæ йыл феваст». Фæлæ иу ныхас æмхуызон кодтой: «Хуыздæр ын куы уыдаиккой ам йæ фысымтæ, уæд абон æгас уаид, бындар дæр сын уыдаид». Æххормаг аз ахæм æххуырст цард Агънаты Хадзыбатыртæм дæр, йæ ном — Виктыр Герасимов, фæлæ йæ уыдон хи бинойнагыл нымадтой, æф- сымæр сын сси, хæстæджытæн дæр — хæстæг. Иронау сыгъдæг базыдта... Хадзыбатыр ын уый фæстæ бинойнаг дæр æрхаста — Габанты Бадтайы чыз- джы. Æмæ Виктыр фæстæдæр Беслæныхъæуы æрцард. Куыста милицæйы. Хæсты фæстæ йын йæ хъуыддæгтæн ницыуал зонын, кæд æгас у, кæд нæу, уæддæр. Гъе, уый та уын дыууæ æххуырсты хабар. Ц. А. 30.1Х.76. ДЫККАГ УС Дзæдзе дыккаг ус æрхаста, йæ фыццаг ус — Ф...он Гзæти дæр сæхимæ уыд, афтæмæй. Уый сæ хъуыди зæнæджы тыххæй. Уыцы адæймаг махмæ æрæфтыд гуырдзыйы æфхæрдæй. Уыцы рæстæг бирæ адæм фæхауæггаг Хус- сарæй. Æвæджиауы дзæбæх адæм. Ацы сылгоймаг дæр уыд ахуыргонд. Ка- сти цавæрдæр бæзджын чингуыты. Гзæти-иу ын сæ ныттуаратæ кодта. Нæ- уæг ус-иу махмæ сусæгæй æрбауад, дæу-иу йæ хъæбысы фелвæста. «Уæ, мæ гыццыл Алыксы!» — загъта-иу къуыдайраг здæхтæй. Йе ’фсымæр Алыксы хуынди, кæмдæр ын зын раны уыд, хæсты, æвæццæгæн, æмæ йæ кой арæх кодта. Фæлæ йæ рæхджы асырдтой. Уыди хорз адæймаг, уыцы хæдзары нæ, фæлæ — хуыздæр бынаты аккаг. Йæ хабар ма йын дардæй хъуыстам: æндæр мой скодта, райгуырд ын æртæ лæппуйы. Уый Хъæдгæроны уыд, æнхъæлдæн. Уым сын, сæ ног ныц- цæугæйæ, сæ хъуццытæ дæр адавтой. Дзæдзе куы амард æмæ Гзæти дæр куы ’рзæронд æмæ цæстæй хорз куы нал уыдта, уæд-иу алыбон куыдта: «Цæмæн æй асырдтон уыцы чын- дзы, ныр бынтон иунæгæй куы баззадтæн...» Ц. А. 30.1Х.76. ПАГÆТЫ СОЛÆ Цъамадон Пагæты Солæ Елхоты быраныл суари нæ бафыста, фистæгæй цыд доны, æмæ йæ Терк аласта. Солæйы хо Паго (Гыгы) йе ’фсымæры мардыл афтæ хъарæг кодта: | «Дур-нывæрзæн, змис-гобан, Кæсаг-мæрддзыгой, халон-хъæргæнæг...» Ц. В. 8.11.72. 76
АРЫНДЖЫ УÆЛХЪУС —ТОППЫ ГÆРАХ Нæхи Тотырбег — Саучызджы лæг — Инджынтæй Цъамадмæ ссыд Мы- сойтæм. йæ каистæ уыдысты. Ныццин ыл кодтой, мæнæ нæ сиахсы федтам, зæгъгæ. Тотырбег топп хæдзары къулы ’нцой æрæвæрдта, сбадти æмæ ныхæстæ кæны. Ног чындз арынгимæ архайы: фысымтæ сиахсæн кодтой хæринаг. Сæ чысыл лæппу Куыдзой топп райста, рауил-бауил æй кæны йæ къухты... Уалынмæ — гæрах! Чындз уæларынг æрхауд. Дæ фыдгул уыйау бауæд. Фæлæ судзгæ бæллæх цы уыд? — лæппу дыууæ уды байсæфта: уыцы сылгоймаг уыди сывæрджын... Уым чысыл лæппу цы аххосджын уыди? Топпимæ хæдзармæ бацыдтæ, уæд ын йæ гилдз сис!.. ц. в. ДЗЕГУЫДÆЙЫ ТÆРИГЪÆД Чындзхасты рæстæджы-иу фыдхъæзтытæ дæр кодтой... Иухатт, æз ма гыццыл чызг уыдтæн, уæд Дагомы ахæм хабар æрцыд: хъал фæсивæд ног чындзы сыхæгты сарайы дæлбазыр бамбæхстой. Чындз, мæгуыр, зымæгон йæ тæнæг дзаумæтты суазал æмæ фæрынчын. Ницыуал хос ын æрцыд — дохтыртæ ныры хуызæн кæм уыди?.. Æмæ чындз амарди. Йæ ном хуынд Дзегуыдæ. «Дзегуыдæйы тæригъæд» — ахæм ныхас уæдæй баззад. Ц. В. ТЕМЫРЫХЪО Не ’ппæты кæстæр хо Раццæйы С.тæ æрхастой, æмæ йын тынг æвзæр уыдысты,— алцæмæй дæр æй æфхæрдтой, сæ къæхты бын æй ныккодтой. Уалынмæ Агънаты Темырыхъо кæцæйдæр схæццæ, фехъуыста хабæрттæ. Фалæ-ма, мæ хойы мын чи хъыгдары, æз уыдоны абæрæг кæнон, зæгъгæ, драгуйнаг топп — йæ къухы, хъатара — йе ’фцæгыл, афтæмæй рагæпп ласта æмæ С.ты акомкоммæ Урсдоны доны был æрбадт æмæ сæ гæрах кæнын байдыдта. Сæ кулдуарыл сын топпы нæмгуытæй ныффыста йæ ном: «ТЕГО». Темырыхъо рагон салдат уыд, æмæ йын хæцын амонын хъуыди, цы! С.тæ удаист фесты, лæгæй, усæй æддæмæ ракæсын нал уæндыдысты. Бирæ заманты сæ кулдуар аивын дæр нæ баныфс кодтой. Афтæмæй ма Раццæйы дæр кæм хъыгдардтаиккой! Ц. А. АГЪНАТЫ СÆНА Агънаты Сæнайы-иу сæ бинонтæ расырдтой æмæ-иу, мæгуыр, уый дæр хиуæттæм бацыд. Йæ цæстмæ-иу ын дардтой: «Бон-изæрмæ кæй дыууæ тар- 77
вазы ’хсæнæй нæ ракæсдзынæ, иу ахæм нал ис». Цыма-иу барæй ракаст искæй къæсæрæй! Уæд æй куыдзы тард ма код- таиккой сæ хæдзарæй! «ÆНХЪÆЛДÆН, БЫХЦИОН АМАРД...» Сæнайы марды хабар кæнынмæ арвыстой хосдзаутæм. Ссыди, бон-изæр- мæ уым фæци, стæй фæстагмæ загъта: «Æнхъæлдæн, Быхцион амард...» «ФÆДИС! ХЪАРИАНÆН ЛÆППУ РАЙГУЫРД...» Иннæ хатт та Сæнайы арвыстой лæппуйы райгуырд фехъусын кæнынмæ (Агънаты чындз — Хъараты Сæнайæн лæппу куы райгуырд, уыцы бон). Рагъæй ныккаст хосдзаутæм æмæ ныхъхъæр кодта: — фæдис! Хъарианæн лæппу райгуырд!.. АГЪНАТЫ САБАН ÆМÆ ХЕСТАНТЫ ТÆТÆРИ Агънаты Сабан тынг æррынчын. Уæлæмæ сыстын йæ бон нал уыд. Хъæуы лæгтæ йæм Хестанты Тæтæрийы барвыстой, æмæ йын уый загъта: — Уæлæмæ сыст, Сабан! Сабан афтæ бакодта: — Куыд ма мæ стьщ кæнут, æз мæнæ мæлгæ куы кæнын... Дзыхджын бæргæ дæ, Тæтæри, фæлæ дæм кæд зонд нæй, уæд дыл цæстытæ дæр нал ис? Сæгъы мехъ бирæгъæн — худæг. Искæй рыст никæмæ хъары. гызи Касатæм уыди иу хуыцауы ’лгъыст ус — Гызи, чызгæй — Хестанты чызг. Чындздзон чызг дзы чындзы цæуын нæ уæндыд, усгур — ус курын. Хуыца- уыл дæр фау сæвæрдтаид. Касаты Илас, номдзыд зæронд лæг, дардта рипс-куырæт. Гызи йæм цæ- уыл хæрам уыд, уый ничи зоны, фæлæ уыцы хъуымацæй балхæдта æмæ дзы бахуыдта даргъкъах хæлаф, скодта йæ æмæ, Илас цы ныхасы бадт, уый рæзты рацыд.^лас ныхас ныууагъта, раласта йæ куырæт æмæ йæ никуыуа;| скодта. Гызи ма афтæ кодта: искæмæ-иу хуыйынмæ радтаид дзабыр, нымæт- худы былтæ, куырæт рæтауинаг æмæ æндæр исты куыстаг, уый фæстæ-иу æй фæстæмæ сыхæлдта æмæ-иу æй йæхæдæг бахуыдта. Уæвгæ мæгуыр уыд. Исчи-иу ын сылы куы радта, хуырх, цыхт, уæддæр сæ-иу фаугæ кодта, чъизи уыд, зæгъгæ. Иуахæмы Гызи куыроймæ ацыди. Хæдзармæ нал зынд. Йæ чындз æм фæцыд куыроймæ æмæ йæ уым мардæй баййæфта. Хъæу фæдисы æрцыды- 78
сты, марды рахастой. Хæсгæ-хæссын Дагомы фæсивæд марды къахбынтæ хъыдзы-хъыдзы кодтой — афтæ æхсызгон сын уыд йæ амард. Ныгæнгæ йæ бакодтой Дауджыты (зæххы ном), дыууæ дуры астæу, цæмæй макæмæ зындаид. Йæ чындз æм алы бон дæр кæуынмæ цыд уыр- дæм. Æвæццæгæн, уымæн хорз уыди. Дзырдтой, Гызийы, дам, маргæ ачынд. Æмæ афтæ уыдаид. Зазхæссæн бон Гызийæн йæ чызг уæлмæрдтæм æлæм, куыд вæййы, уыцы хуызы нæ ауагъта: ныттыдта йæ æмæ бæгънæг лæдзджытæ арвыста. Куы дзы фæхынджылæг кæной, уымæй тарсти. Æнæуи та афтæ хъуыди: æлæмæй чысыл ратон, лæппутæм æй радт, уыдон бæхтыл дугъы уайынц, чи сæрæндæрæй йæ тонынц, иннæтæн дæр дзы дæттынц. Хастой ма æлæмимæ тырыса дæр. Тырыса уыд алыхуызон: куы сау, куы урс, куы æрдæг урс — æрдæг сау, куы æрдæг сырх — æрдæг урс... Ц. В. ГÆЛИРЫ МУТАКАН Рæсугъд чызг уыд Габанты Лизæ. Мой кæнынвæнд æм нæма æрцыди. Бицъоты Гæлир æм бæргæ хъавыди, фæлæ йын куыд бакуымдтаид: фы- дуынд лæг уыди, цæстытæ — зылынтæ, йæ дæндæгтæ дæр. Бибо хуынд, фæлæ йæ адæм фæ-Гæлир кодтой. Афтæмæй йæ хо Фатъи æмæ йæ мад-^ Борсæты чызг, куырттатаг,— тынг рæсугъд уыдыеты, Цъамады хъалтæ, Гæлиры хæстæджытæ дыууадæс сомæй балхæдтой Лизæйы фыды хо Сæркъæуы. Хъузон сын ныллæууыд. Бацамыдта: Лизæ абон сæхимæ — Мидæггаг Уыналмæ здæхдзæн Дагомæй — йæ мады ’рвадæл* тæ Хъаратæй, йæ фæндаг та Цъамадыл у. Аскъæфтой Лизæйы Цъамады хъалтæ Гæлирæн. Ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ — бафидыдтой дыууæ мыггаджы. Фæлæ уым цæрыны, аккаг не скодта Лизæ, йæ зæрдæйы фидыд нæ уыди. Бирæ сæм нæ фæуыдаид, уæд баныхас кодта Габанты лæппутимæ: куыд рацæудзæн, кæм æм æнхъæлмæ кæсдзысты. Гæлир куы бафынæй, уæд Лизæ дынджыр мутаканыл дзаумæттæ скодта, сæрбæттæн дæр ыл æрбабаста. Нывæрдта йæ Гæлиры фарсмæ. Йæ дамба- ца йын систа æмæ дуар рахгæдта. Се ’рвадæлты лæппутимæ куыд дзырд уыд, уымæ дæр нал фæкаст, фæсæмбисæхсæв ахызт Æхсæртыл. Æхсæртæ, зæгъгæ, уыцы хъæды ацæуын адæм боныгон дæр нæ уæндыдысты: цæстыл- иу дзы исты æнæ ауайгæ нæ фæци, алы хъæлæстæ дзы хъуыста адæймаг. Лæг дзы хæйрæджджын кодта. Йæ мад æмæ йæ фыды хæдзармæ ныццыд. Дыууæ азы фæсад зæрдæ- низæй æмæ амард. Æнæуарзонæй, æвæндонæй цард нæй. Ц. В. 79
САБАИ ЦЫ ЗАГЪТА Ды ма сывæллон уыдтæ. Челæхсаты Сабаныл уæд фондзыссæдз азæй фылдæр цыд, æмæ-иу мах хæдзармæ куы ’рбафтыд, уæд-иу демæ хъазыныл сси, ныхæстæ-иу дын кодта. Гъемæ иу хатт ды пецы фарсыл æвзалыйæ цъиуы ныв акодтай. Сабан æм куы ’ркаст, уæд нæ бинонтæм дзуры: «Мæ ныхас уæ зæрдыл бадарут: ацы сывæллонæй исты æнæ рауайгæ нæй». Ц. А. 28.УШ.67. НÆ БАЙРАГ «КУЧКÆ» Хъасболаты байраг «Кучкæ» хуынди. Дзугкойты Пъауылæй йæ бал- хæдта. Уый ахæм дзæбæх уыд, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Иу хатт кæрты ратæх-батæх кодта, æмæ уынгмæ цыргъмих кауы сæрты агæпп ласта, йæхицæй бирæ бæрзонддæр кауы сæрты. Фæстæдæр æй хохмæ рæгъаумæ аскъæрдтой. Уыцы рæстæджы колхозонтæ аразын байдыдтой. Мах лæг хъæусоветы хицауæй куыста. Æмæ колхозмæ чи нæ куымдта, уыдон хъæды æмбæхстæй бадтысты, уырдыгæй топпытæй дæлæмæ гæрæхтæ кодтой. Хъасболатмæ рæгъауæй хабар æрцыд: «Тагъд рацу, дæ байраг цыдæр кæны...» Фæлæ йæ уæ фыд нæ ауагъта: «Сайгæ дæ кæнынц, лыгъд адæм дæ амардзысты». Фæлæ уæддæр лыгъд адæм сæ маст райстой: байраджы сæфтæджы бы- нæй, йæ хæфсы, рекæйы зæгæл ныкъкъуырдтой. Байраг нал бæззыд. Уый фæстæ амарди. Йæ тæригъæд фæхæссой, кæд æй цæуыл фесæфтой — æгомыг хайуаны! Æмæ цы нæ кодтой. Нæ хъæуы тæккæ мæгуырдæр лæг — Хестанты Гæдойы та колхозы ныхмæ радзурын кодтой, афтæ, дам, зæгъ æмбырды: «Мах кол- хоз нæ хъæуы!» Æмæ загъта. Уыцы бонты мах хæдзармæ хъæдæй æрлæбурынæй тæссаг уыди, æмæ-иу æхсæв сымахимæ — мæ сывæллæттимæ — нæ ныккæнды æмбæхст уыдтæн,— кæд ма йæ хъуыды кæныс дæхæдæг дæр. Уæ фыд та-иу кæмсæмолтимæ æмæ партионтимæ хъæугæрæтты хъахъæдтой — Магаты Иссæ, Дзбойты Габрушкæ, Бутаты Барис, нæхи Гсор æмæ Хъасболат дæр. Ц. А. 26.УШ.67. АДÆМ ÆМÆ ХÆЙРÆДЖЫТÆ Хæйрæджытæ раздæр уæлдзæх уыдысты, цардысты адæмимæ. Фæлæ сыл адæм фæстагмæ тых кæнын байдыдтой, æмæ уæд дæлдзæхмæ ацыдысты æмæ фесæфтысты. Ц. А. 28.УШ.67. 80
ХÆЙРÆГ ÆМÆ «КОКЫС» Хестанты Аминæт дыууадæсаздзыд чызгæй йæ мадимæ хохæй хæрæ- гыл рацæйцыдысты. Кæсынц, æмæ сæ фæндагыл хæйрæг йæ сывæллонимæ хъазы; хæйрæгыл даргъ дзыккутæ, зæххыл ныдзæвыдысты. Чызг старсти. Йæ мад æм дзуры: «Тæрсгæ ма кæн!..» Æмæ хæрæджы лæдзæгæй ныххафт ласта: — Кокыс! Фæлдыст фæуай, былæй хауыс! Кокыс! Кокыс! Хæйрæг «кокыс» куыддæр айхъуыста, афтæ йæ сывæллонмæ фæлæ- бурдта æмæ фæдæлдзæх. Хæйрæг, дам, кокыс, дзырд гæррæтт æмæ хуыйы кæнæ булчъы къæдзилы койæ тæрсгæ кæны. Ц. А. 28.УШ.67. ХÆСНАГ Ацы хабар дæр æцæг уыд. Лæппутæ чындзæхсæвы рахæснаг кодтой: «Ахсæв уæлмæрдтæм чи ссæу- дзæн æмæ дзы зæххы цурк чи ныкъкъуырдзæн æвдисæнæн?» Афтæ чи бакодтаид, уый æмбылдта æвзист рон. Лæппутæй иу загъта: «Æз цурк нæ, фæлæ мæнæ мæ хъама ныссадздзы- нæн фæстаг марды ингæны цур». Йе ’мбæлттæ æнхъæлмæ кæсынц — лæппу нал æмæ нал зыны. Уæд йæ фæдыл ссыдысты æмæ федтой: лæппу мардæй хуыссы. ...Хъама йæ фистонмæ ныссагъта зæххы, фæлæ уæлæмæ куы сцæйыстад, уæд æй цыдæр нал суагъта. Уымæй афтæ — мæрдтæ йæ сæхимæ ласынц, фæтарст æмæ йæ уд систа. Цæмæй зыдта, хъама зæххы тъысгæйæ йæ цухъайы фæдджийыл кæй хвруад æмæ йæхи зæхмæ кæй ныххуыдта. Ц. А. 30.УШ.67. ТÆХУДИАГ Иу хатт рувынæй æрбацæйцыдыстæм. Быдыры иу æнахуыр барæг, хæр- заив, цæхæртæкалгæ сцæйцыд æмæ хъæуырдæм йæ бæх фæцарæзта. Мæ сæрыхицауы кæстæр хо Дзедзи афтæ: — Тæхудиаг нæу, ахæм барæг кæй хæдзармæ бацæудзæн! Уалынмæ барæг мах кулдуарæй куы бараст уаид. Уый уыди нæхи Те- мырболат, мæ тиу. Дзедзи йе ’фсымæры нал базыдта. Темырболат уæд æр- цыд кæцæйдæр йæ балцæй. Темырболат уыди сгуыхт лæг. Йæ сахъдзинад хъуыстгонд уыд дæрд- тыл. Ц. А. 28.VI 11.67. 6 Мах дуг № 3 .81
БÆХ Мæ кæстæр тиу Геор ма чысыл лæппу куы уыд, уæд æй бæх хизынмæ* арвыстой. Уый Урсдоны доныл Хъæрæгъæцмæ бахызт æмæ йæ уым, уæлбыл^ къæхтæбастæй ауагъта. Иуафон йæ уæлхъус барджытæ алæууыдысты æмæ йæ фæрсынц: — Кæй лæппу дæ? — Цæрукъаты Хъæрæсейы. — Æмæ дын ай кæй бæх у? — Нæхи Темырболаты. Темырболаты кой куы айхъуыстой, уæд ницыуал сдзырдтой æмæ ацы- дысты. Уыдон уыдысты бадилаты фæсивæд гæрзифтонгæй. Геор бæх хызта сæ зæххыл, æмæ йæ фæрсгæ дæр уый тыххæй кодтой. Афтæ тарстысты бадилатæ Темырболатæн йе скойæ дæр. Ц. А. 28.У111.67 БАЙЦАТЫ ÆФСЫМÆРТЫ СÆФТ Æнæуи та тынг уæгъуыр уыдысты бадилатæ, налат, карз. Байцаты дыу- уæ лæппуйы дæр куыд байсæфтой ницæй тыххæй... Æфсымæртæ дыууæйæ дæр афицертæ уыдысты. Службæйæ ссыдысгы^ æмæ хистæр, бæхтæн кæрдæг ракæрдон, зæгъгæ, хиирхæфсæгау фалдонмæ- бахызт уæрдоны. Цæвæгæй цалдæр риуыгъды куы ракодта, уæд æм бади- латæ фæзындысты æмæ йæ, нæ зæххыл цæмæн кæрдыс, зæгъгæ, топп&н ныг- гæрæхтæ кодтой. Фæдисы рацыд иннæ ’фсымæр, æмæ уый дæр уыцы ран амардтсГ:. Байцатæ дыууæизæрыастæу дыууæ марды æрбаластой уæрдоны. Ц. В. ДОНЫ —ЛÆДЖЫ МАРД Махæй уæлдæр цардысты бадилатæ — Урсдоны донæн йæ рахиз фарс Иу райсомраджы нæм æрбадзырдæуыд, нæхи ’рвадæлтæй чидæр: донг дам, нуазынæн нал бæззы. Цæмæн, цы хабар у? Рабæрæг, æмæ — бадилатæ доны лæджы мард ныппæрстой. Уыдон Абысалтæ уыдысты. Маргæ кæй акодтой, уый та сæ кусæг уыд^. кæцондæр лæг, бынтондæр цыма туркаг кæнæ персайнаг уыд. Тынг æн ныф~ фыдуынд кодтой, йæ цæсгомы цъар дæр стыгъд уыди. Æвæццæгæн ыл сæ- сылты тыххæй сæ зæрдæ фæхудт. , Цалдæр боны дон фæхастам уæлозæй, лæджы кæм ныппæрстой, уыцьк бынаты уæлейæ. Ц. В. 82
ЙÆ РАЗМÆ БАБАДТЫСТЫ Темырболаты размæ бирæйæ, æнæхъæн цыппæрдæсæй æд топпытæ ба- бадтысты хиды бын æмæ пыхсыты. Уыдон бадилатæ уыдысты; семæ ма — æндæр адæм дæр, сæ хъузæттæ. Хъавыдысты Темырболаты амарынмæ. Темырболат уымæн цы зыдта, æмæ, цæцæйнаг абырæджы размæ тугис- джыгæ куыд бабадтысты æмæ сыл йæхæдæг куыд фæуæлахиз, уыцы зарæг заргæйæ, йæ бæхыл, хъазгæ, баивгъуыдта хидыл. Хъавджытæй иу дæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Ацы хабар уый фæстæ уыдонæн сæхицæй ракой æмæ адæмыл айхъуыст. Ц. А. 28.УШ.67. ДЖИГУЛ Уæд мын иу сывæллон йеддæмæ нæма уыди. Хъазахъ æрбацыдысты, урс хъазахъ кæй хуыдтой, уыдон, æмæ хæдзæрт- ты джигул кодтой, агуырдтой гæрзтæ. Кæмæ ссардтаиккой, уыдоны æнæ фыдбылыз нæ уагътой, маргæ сæ кодтой. А1ах кулдуармæ дæр фæзындысты, æвæццæгæн, нымыгъдæй. Мах хæ- дзары лæгтæ ацы царды уагыл куыстой, æмæ хъазахъ дæр ахæмты агуырд- той марынмæ. Фæлæ лæгтæй хæдзары никæй феййæфтой: уыдон фæсвæд уыдыс.ы, æмбæхст. Мæ ходыгъд Дзедзи фондзæхстон топп къæбицæй раскъæфта æмæ йæ кауы талачъийы ногуард мптыл дæргъæй-дæргъмæ авæрдта. Æмæ хъазахъ ницы ссардтой. Уьщы бон Агъиаты Хадзыбатыры æфсымæры семæ акодтой, æмæ фе- сæфт, йæ кой, йæ хъæр нал ранхъуыст. Æхсæрдæс азы дæр ыл пæма цыд. Уырыссагау дæр ницы зыдта. Ц. А. 28.У111.67. ЙÆ МАДЫ ХЪÆБЫСМÆ ЙÆ ФЕХСТОЙ Хъармаиы мæрддзыгой здæхтысты Салыгæрдæнæй. Æрдæгфæндагыл сæм хъæдбынæй рагæппытæ кодтой бадилатæ,— сæ сæртæ басылыхъыты тыхт,— æмæ фæдардтой топпытæ: «Змæлгæ дæр мачи фæкæнæд: амардзыстæм!» Бекъойы-фыртыл йæ мад ныххæцыд, ныттыхст ыл... Бадплатæ йæ йæ мады хъæбысмæ багæрах ластой. Сæ хъавд уымæ уыди. Иæ мад ыл куынæ ныххæцыдаид, уæд афтæ дзæ- гъæлы йæхи сæфын нæ бауагътаид. Бскъойы-фырт стражниккæй куыста, сæрæн лæппу уыди. Бадилатæ дзы исты маст зыдтой, кæнæ та йæ тугмæ амардтой... Мыггагæн сæ хуыздæрмæ бахъавыдысты. Уыцы боны змæсты уыдис уæ фыды фыд Хъæрæсе дæр. (Йæ дæндæгтæ йæхицæй фæриссæнт!) Хъамайы лæбурды йæ цонг дæр фæцæф. Барджытæ сæ куыст куы бакодтой, уæд æрбайсæфтысты. Семæ бирæ уыд æлхæд лæгтæ. Ц. В. 83
ЦЫ КÆНУТ, УÆЛЛАДЖЫР? Змæст куы райдыдта ацы царды сæрыл, уæд махон æмæ йе ’мбæлттæ сырх тырысатимæ рацу-бацу кодтой бæхтыл. Бадилатæ сæхи æрлæгъз код- той. Урс тырысатимæ рацыдысты æмæ загътой: «Цы кæнут, Уæлладжыр? Дыгур нæ схсы бынæй цыд сты, фæлæ сымахимæ хорз куы фæцардыстæм...» Фæлæ дзы фидыд нал рауад. Лидзгæ сын æрцыд Хъæрæгъæцæй. Стыр, райдзаст хæдзæрттæ сын уыди. Уыдон куы баззадаиккой, уæд дзы алы хæдзар дæр скъолайæн бæззыд. Фæлæ сæ басыгътой: фæстæмæ та куы ’рцæуой, уымæй тарстысты. Мах лæг сæ судзын нæ уагъта. Бæл- цовкæ æмæ хырхæйфадæн дæр уый нæ бауагъта судзын, æмæ ма абон дæр кусынц. Ц. В. НОГ РÆСТÆДЖЫ Ног рæстæджы та бадилатæ зынын байдыдтой. Дæлæ горæты дæллаг сыхы куы цардыстæм, уæд нæ фарсмæ — Дыса — уый дæр бадилатæй уыди. Бакуйæ кæцæйдæр æрбацыд. Паддзахы заман йе ’фсымæр пъырыстыфæй куыста. Царды койтæм-иу мын Дыса афтæ загъта: — Ныр уæ пысунæты дæр гауызтæ куы ’рцауыгътат æмæ дыгай-æрты- гай машинæтæ куы дарут, махмæ та файтонæй уæлдæр куы ницы уыднс, уæд нæ цæуыл фесæфтат?.. Ц. В. Кæрон иннæ номыры. 84
ХУЫГАТЫ СЕРГЕЙ ФЫДЫУÆЗÆДЖЫ ХЪАРМ ЦÆР, МÆ ИР! Цæр, мæ Ир! Дæ фыдгулты фыддæрадæн Фест æвдудон. Аныхъуыр дæ цæссыг. Сис дæ саутæ. Бафæраз, æндæра дæ, Зонын æй, дæ рыст зæрдæ нæ хæссы. Де знæгтимæ уæд йæ дзырддаг де знагæн, Уæдæ ’нæ знаг дуне дæр нæма уыд. Фæлæ знагыл æлгъ куы кæнай йе ’лгъагæй,— Ахæм знаг де знагæн дæр ма уæд. Тонынц дын фæйнæрдыгæй дæ арæнтæ,— Кæд фæунккой — афтæ нæу — фæрстæ тынд! Чи дын арц ныццарæзта дæ артæнтæм, Чи дæм хъавы гадзайау фæстæты. Ма æрхау дæ тыхстудæй дæ уæрджытыл, Ма у де стырзæрдæйæ æдзæттæ,— хку ^æрæг *в1л ^и^дзæли иæ лæрджытм, Иу куыдз дыл скæндзæни куыдздæттæ. Оххай, цард хæдзархастау фæхастæуы, Ацы сылваз демократи, ацы!— Зылын чи у, уыцы лæджы раст кæны; Раст лæджы рæстæй цæрын нæ уадзы. Ды цы зынтæн фæразыс, цы рыстытæн!— Фæстагæттæ сæ хæедзысты дисæн. Дæу сыгъдæгуд скæндзысты Чырыстипау, Де знæгтыл та бакæидзысты ’вдисæн. Дунейыл мын иунæг дзуарау иунæг дæ,— Уæд дæ сахъ цæдисонтæ кæм сты?! Тугхъæдгæмттæй чи фæцыди ингæнмæ, Уыдон дыл хæрзаудæн кæндзысты. Æмæ д’арт куы сгуыпп кæна дæ артдзæсты, Й’алыварс дæ фæлмæст цот куы сиу уой, Уæд мæныл æрзайдзæни цыппар цæсты,— Хъуамæ дын дæ цинтæ фенок иууыл. 85
УЫЦЫ ТИГЪ Уьщы тигъыл куы сарæзтаин хæдзар,— Уыцы даргъ уынджы тигъыл. Иу рудзынг ын дæлæмæ скæн, Суадоны ’рдæм далæ, Иннæ рудзынг хурыскæсæнмæ уартæ. Æмæ райсом хур йæ был куы сдара, Уæд æм йæ цæст куыд фæныкъула рудзынг, Хионы ныкъуылд, афтæ, Ома, дзæбæх æркæс, Стæй ды зоныс æмæ æз. Æмæ йæм хур куы ныккæса дзæбæх, Сырх пиллон ыл куы суадза, Æмæ куы ’рцæуа бон, Дæ рудзынгыл куы бахиза, Куыд нæ абаддзæн зæрдæ хурварс уæд,— Мæгуырæй дæр рухс æмæ хъарм. Стæй хурныгуылæнты хъæуы чызджытæ Суадонмæ куы ’рцæуой, Уым цъæх кæрдæгыл хъазынтæ куы сисой, Иу дзы иннæйы куы басура ’мæ иннæ Куы бакъæцæл уа худæгæй 'Мæ дзуццæджы куы ’рбада, Уæд æртыккаг къусимæ куы фæмидæг уа с’астæу, Фæйнæрдæм сыл куы сиса дон цъыкк кæнын, Сæ "тæнæг къабатæ куы андæдзой сæ уæнгтыл, Æмæ сæ тæрттæ ку’абадой къуыппытæ... Сæ иу йæхимæ ’нæууæнк каст кæндзæн, Æмæ йæ нннæ ’лхыскъ кæндзæн ныхасæй, Æмæ сын худын бацайдагъ уыдзæн,— Сæ фидар уæнгтæ риздзысты сæ худтæй. Сæ иу-та фалдæр хибарæй лæудзæн, Иæ таст кæрæмис аззайдзæн йæ къухы, Йæ кæрæмисау йе ’рфгуытæ дæр таст, Иæ сау æрфгуьиæ. Æвæццæгæн, кæйдæр мæлннаг Ауади йæ цæстыл, Æмæ змæлын нал сси йæ бон. Къæхтыбынæй куы ныуулæфай: «Дæттæй, сымахмæ фаг фæкæс, Æмæ дын дон баназынмæ ма уæд, Кæрдзын — бахæрынмæ». Изæрмилты хъомгæс куы ’рцæйскъæра хъом, Куы фæцæйцæуа даргъ уынджы дæлæмæ Иæ лæдзæг йæ фæдыл ласгæ, Иæ уæлæфтау — йæ лæларм, Дæ къæсæрæй йæм ахъæр кæн— Хъæууон хъæр — æрбаздах æй, 86
Цæхх æмæ йын кæрдзын æрхæсс йæ размæ, Стæй дурыны арахъ, Иæ фæлладæй куыд ницыуал Аззайа йæ уæнгты... Куыд нæ сарæзтон уыцы ран хæдзар,— Уыцы даргъ уынджы тигъыл... НÆ КУЫРОЙ Фæлладхуыз уыд æддаг бакастæй тынг,— Иæ сынæг иуварс ахаста, Цыма йæ зæрды ’рбадын уыдн дуртыл. Æмæ йæм лæгтæ сæвæрдтой быцæу, Цъеримæ-иу аразæн куыд æвæрдтой, Афтæ. Фæлæ йæм бахиз мидæмæ, уæд дыл Хур ракастаид, батавтаид д ’арт: Фыд зилы,— Зилдух-зилахар кæны, Иæ алы зылдæн фæлгæты кæронæй Ссад-фæлдзæгъдæн ратæхы -- зыввытт! — Сæнтурс пæлæзау фæлгуырыл æрбады,— Хуыздæр цин ма цы бавзардзæни лæг! Уæле йæм къуыппæй касти хъæу, Уæле йæм къуыппæй хъуыста хъæу,— Кæд знлы, Кæд йæ хъæр цæуыг Уæд æм ныххаста ссинаг чидæр, Уæд — хорз. Зымæгон-иу ныссабыр, Ауазæнæй дон.куыд калд фæйнæрдæм, Афтæ-иу ныххох. Сæумæцъæхæй йыл хуры цæст схæцыд— Ныггуыпп-иу кодта уæд, Фæйнæрдæм судзгæ пихлæйттæ æппæрста. . Срухсдзаст-иу уæле къуыппыл хъæу, Æмæ-иу фосмæ зилынафон лæгтæ Сæ тæсчъытимæ тигъ-мигъы цыдысты. Фæлæ-иу æрсдон рацыд иугæр,— Йæ зыррыттæй-иу нал банцади уæд. Сæрдыгон та-иу фенцондаёр йæ зылд— Дыууæ хор’астæу хор хæрæн кæм уыдиГ Фæззæг æрлæууыд— Йе ’нцой-иу фæхауд, Иæ гæндзæхтæ-иу цагьта ’хсæвæй-бонæй, Кæд æй æмбæрста уый дæр— Даргъ зымæг æрцæуы? Иæ нук дæлæмæ акъул мæнæ ам, Ныккомкоммæ н, 87
Фæрчытæм ныццыргъ и. Уыд уæлæ уым та донмарæн йæ сæрмæ— Лæгъз рахаста дзæбæх кæрæй-кæронмæ. Æмæ дзы дон цыдæр бигæ цыд кодта, Цыма чындздзон чызджы дзыкку уыд. Йæ зыхъыртæй ссады рыг фæхъарыд, йæ фæхс къултыл схæцыди чырсау, Æмæ, цыма дзуарбадæн уыд, Уый хуызæн зынд дардмæ. Дзæбæх æм уаг æруадз— Цы нæ ссадта, Цы нæ! Зад — бæгæныйæн, Мæнæу — С1Ыроонмæ чъиритæн, Нартхор — лыстæг ссад кæрдзынæн, Лæхурæг —касæн, Хъæоæрхор —- хъæбæркæрдзынæн, Стæй — арахъагæн, Къæлуа ссадта; Ссадта хъæддаг кæрдоты хус. Æ.«æ йын мах —уæлыгæсхьом лæппутæ— Йæ хъæрыл афтæ сахуыр стæм, Афтæ — Æрмæст нæ бауадз байхъусын гыццыл, Æндæр-иу уайтагъд базыдтам— Цы ’вгæд ыл и, Цы ссы. «Хæснаг кæныс?» —нæ къухтæ-иу Нæ кæрæдзимæ дардтам. Фæлæ ма махæй чи кодта хæснаг,— Схастаиккой дыл худæгæй Сæхи. Æмæ нæ хъазт дæр куыройы цур уыд,— Нæ къах нæ дзы нæ хаста. Ныр нал и куырой. Дурты цæнд ма баззад Йæ рыст бынаты цардыхос куыройæн. Мæ аууон ыл ныффæлдæхт, Куыд ныффæлдæха дойныйæмæлæг доныл. Йæ бынты дон —цæй Дон ма дзы и, цæ! — йæ цæссыгкалгæ дурбынты лæдæрсы. Дыууæ галы йыл баныдзæад фæскуыст, Уæд дзы хæснагæн нал атæдзид цъыртт. Æвæццæгæн куы бамбæрста — Нал фæцæудзæн фæрчытыл йæ дзæхст, Уæд уыцы мæтæй батад æмæ баруад. Цы хъæуы дæлбыл нал тæлфа куырой— Хъæууатмæ цæуы уыцы хъæу Абон уа, Йе сом. 88
МУС Сыдымусæй Хуыдауы фæдзæхст уæнт, Нæ хъæуы ма цы’цъус хæдзæрттæ баззад, Уыдон. Фæлæ-иу цавддурау куы баззадтæн лæугæ, Нæ мус кæм уыди, уым — Комыхуымы астæуг Уæд-иу мæм фæйнæрдыгæй Æнæууæнкгæнæджы кæстытæ систой, Ома, цы джихтæ кæна ай? Мæнæн та-иу мæ уынæргъын Мæ былалгъмæ схæццæ,— Нæ мус цы фæци ам?! Уыди зыриæйзылд тæбæгъау тымбыл, Уæлæнгай къуырф, Хуынхæссæн тæбæгъ куыд вæййы, Афтæ. Уыд фидар мусы къæбæл й ’астæу,— Иæ бæстастæу цæрæг лæджы лæуд кодта. Найгæнæнты-иу й ’алыварс æфтауцы хуызæн Ныццамадтой хъæбæрхоры мæкъуылтæ. Иæ сæрмæ-иу хъæбæрхоры тæф бадт, Мыды тæф ма фæбады Мыдыкъусы сæр м ’афтæ. Мæлрухс æхсæв-иу —дзындз мæйрухс æхсæв— Кæлтдæр æд;иау хæхты зæланг цыд, Æмæ-иу мусмæ атымбыл и хъæу— Чызгæй, чындзæй, лæппуйæ. Æмбæхстытæй-иу хъазыдысты уым— Æмбæхсæнтæ дзы цас уыдиг гъа-гъа! — Туй-туй, Доме! — Туй-туй, Зали! — Туй-туй, Абрикъо! — Æрдæг I хсæвмæ-иу сæ хъæр, сæ худын хъуыст,— Хуыздæр хъæлæба ц ’айхъуыса хъæуæй! Иæ райсом та-иу най кæнын кæй рад уыд,— Иæ мæкъуылтæ-иу бафтыдта — Бæттæнхæлдæй-иу куыристæ дзæбæх Фæрсæй-фæргтæм сæхи æруагътол мусы, Цыма хъæбæрхъис путрихи лæгтæ Ронг банызтой кæрæдзийы хынцмæ, Фæцудыдтой зæнгæй æмæ ныр ам Ныккалдысты кæрдзиуыл, — Пыхцылзачъе ’мæ ронбæгъд. Стæй-иу наййæгты æрбакодтой,— Кæрæй-кæронмæ хал,— Фæрсырдæм-иу сыл анцадысты мусы, Сæ цæг-кæрон-иу къæбæлмæ ныххæст Æмæ-иу ыл æй бафтыдтой æгънæгау. 89
Æмæ-иу къухдзæг араст и сындæг,— йæ цыд æнахуыр бонзонгæ уыди, Цыма йын мусыкъæбæл ’алыварс зилын Цæрæнбоиты нывгонд уыд. Кæронæй та-иу мусы чъилрæбынты Иæ хъæл зæнгтыл цапуалæй уади бæх. Лæгæрстой мусы наййæгтæ— Сæ былтыл —цъуттатæ, сæ цæстытæ —æнкъард, Хорхъуаг лæджы цæстытæ куыд æнкъард вæййынц, Афтæ. Æмæ-иу мах — гæрæмæлвыд лæппуйæ, Æнæфаст, пичъисæр чызгæй Цы хъал балхæдтам! Нал-иу зыдтам ’рынцой: Хъæуа-нæхъæуа искæй расур-басур кæн, Кæм дæ фæфæнда —уыцы ран сæрбихъуырой, Кæнæ та галы даргъ къуди æрцахс, Дæхи дæлгоммæ аппар найыл, Æмæ дæ уыцы лæгъзыл ласдзæн гал, Цыма никуы ’мæ ницы, Афтæ. Фæссихор-иу дымгæмæ ’ппæрстой хорг Æмæ-иу лæгтæн фыййæгты лæгъз хъæдтыл Сæ уæзæгæвæрд æрмтты ’хситт цыдк. Æмæ та-иу ныссæх-сæх кодта хор,— Мæ фæсхъусты нырма дæр уыцы сæх-сæх бады. ...Кæйдæр картофдон урс дидинæг калы, Æмæ нæ мус фыдæлты ’вæрд хæзнаиау Фæци йæ быны. ф 90
о ЛЕОНТИЙ СТЕДЕР Бонычиныг МÆЗДÆДЖЫ ФИДАРÆЙ МИДКАВКАЗМÆ БАЛЦÆН, 1781 АЗ О Гуырыкондæй ирæттæ сты рæстæмбис, кондджын, къæсхуыр, судздза (петсНО- Асæй дæр рæстæмбис, дрæх та уымæй бæрзонддæр. Сæ цæсгом саулагъз, карзарæзт, хъæлдзæг æмæ сырддзаст. Æнæуый цы цæстытæ вæй- йы, уымæй цын ыстырдæр цæстытæ, сæ тигътæ тæтæйрагыздæхт лыг, сæ каст — сæрибар. Къахæй рог æмæ цырд. Бауырнинаг нæу, ахæм ыстыр ^æргътæ хæссынц хæхтыл. Згъорынц айнæг ^къæдзæхтыл. Фæллайгæ та аф- тæ бакæнынц, æмæ хæссæгæн арæх йæ туг йæ хъæлæсæй фемæхсы, хилджы- тæ та тыхулæфтæй сæ мидбынат мардæй æрхауынц. Сæ зæрдæйыуаджы ма бæрæгдарынц, ,æрдзон хорз адæмыхаттæн цы нысæнттæ ис, .уыдон иууылдæр, фæлæ цын уыцы миниуджытæ с’ ахуыр æмæ сæ рæдыд зонды аххосæй мæнг фæндагыл арæзт фесты. Сæ бæрц ницæмæй зонынц, æгæр кæнынц алцæмæй дæр. Сæ разы цы уа ацы сахат, æрмæст ;уый цæ ’ндавы. Æрдз æмæ цæм æгъдау арæх ныхæй-ныхмæ фæвæййынц. Уый фыдæй сæ хъуыддæгтæ кæрæдзийыл нæ бадынц. Рæдауæй рæдау ысты, сæ исæй, хъуæгтæ чи ’ййафы, уымæн «хайкæнынц. Сты цингæнаг. Йæ хæлар дзы цы кура, уымæй йын ницы бацауæрддзæн. Уазæг цæм куы сæмбæла, уæд ын æгъдау кæнынц æмæ йын фæзæгъынц: «Мæ хæдзар — дæ хæдзар. Æз мæхæдæг дæр æмæ мæхионтæ — негас дæр дæу ыстæм». Сæ уазæг Дæхи чи бакæна, уымæ кæсынц хæстæджы цæстæй. \Лидзæг адæймагыл сай- дæй никуы рацæудзысты. Уырысæй цæм чи бафтыд, уыдон æз мæхи хардзæй сусæгæй фæстæмæ цадæггай фервыстон хæхтæй. Уыцы адæм Ирыстоны цар- дысты сæрибарæй. Цы хордтой æмæ цы нозтой, уый дзы ардтой æгуыстæн. Фæуæйтæ дзы кодтой сæ дзаумæттæ ’мæ дзы лæвар ыссардтой дарæс сæ- хицæн хъæууон аивтыл. Мæнæн хъардтой лæвæрттæ, цæмæй æз ыссæрибар- кæнон уыцы адæмы. Уæлладжыры нæ фæдыл устытæ фæцыдысты, фæс- хъæу дæр ма сæ цæссыг уагътой, афтæмæй куырдтой дыууæ Томскаг гре- надеры, æхсæвыгон уырдыгæй кæй |ракодтон, уыдоны. Æмæ, æвæдза, дзæ- гъæлы Ьты сæ лæгъстæтæ, уый куы базыдтой, уæд мæм хатын райдыдтой, æппынфæстаг, уæдта æфхæрд цæмæй ма ’рцæуой. >Ир сæ цагъарты хæрамы «æ цæуынц, æрмæст уæнт æнæсайд æмæ кусæнт, уыййæддæмæ — бар сæхи. * Дарддæр. Райдайæн «МД» ацы азы 1-аг, 2-аг номырты. 91
Фæлæ къæрных, абырæгдзинадырдæм ыздæхт æмæ хъæбæрзæрдæ дæрг ысты. Уый та — с’ ахуыры тыххæй, стæй кад цы у, уый фисынырдæм кæй Æмбарынц, уый аххосæй дæр. Алы лæппулæг дæр йæ тыхтæ ’вдисы давы- нæй, фæндæгтыл лæбурынæй. Уыдæттæ йын фидар кæнынц йæ кад. Куы фæмард уа, уæд та йæм, цыма фесгуыхт и, ахæм цæстæй кæсынц. Асайын æмæ хинæй рацæуын ын куы бантыса, уæд йæхицæн раппæлдзæн. Фæсвæ- цæй амарын æмæ туграйсын уый нымайы кады хъуыддагыл. Иугæр афтæ фенхъæлдта ’мæ йын чидæр йæ сæрыкадмæ ’вналы, кæнæ йæ ’фхæры зæгъ- гæ, уæд нæ масты бæттæнтæ атонынц. Фыд уæд, æфсымæр уæд, хæлар зæгъай —иуыл дæр дзы нæ бацауæрддзæн — ацæудзæн йæ масты фæдыл. Иу æфхæрæн ныхасы тыххæй фырт йæ фыдыл топп ныццавта мæ разы. Лæронд йæ удисыныл уыди, афтæ фырт йæ разы слæууыд, цыма ницы ба- кодта, уый ,лæуд, æмæ та ифтыгъта йæ топп. Бирæтæ, йæ уд чи иста, уый фæрсты цыдысты, цыма æппындæр иицы ’рцыд, уыйау — нæдæр хъыг ра- кодтой, нæдæр æй фæндагæй иуфарс ахастой. Нæ фыстæгъдæуттæ уыдо- ны ’гъдæуттæй хуыздæр кæй ысты, уый кæмæн радзырдтон, иу ахæм хис- тæрмæ бахатыдтон, æфхæринаг у уыцы лæгмар зæгъгæ. Æз ыстæвд дæн, уый куы федта мæ зонгæлæг, уæд бахудти. — Æмæ йын ды цы саразис? — уыди йæ фарст. — Ноджы æбуалгъдæр мардæй йæ ’мбæлы амарын,— уыди мæ дзуапп. — Гъеуыдон ысты, афтæ кæмæй æппæлут, уыцы фыстæгъдæуттæ? — Стæй ноджы хъæрдæрæй: — Уый нæдæр дæ фыд у, нæдæр — мæ фыд. Уы- мæн та йæ фыд у. Уæртæ дын уыдон та йе фсымæртæ! Мах хъуыдда! дзы ц ’и? Мæ тæлмацы мын астыгътой фондз æфсымæры. Уæрсты дзы иу зы- наргъ тын хистæры кæстæры фæци. Хистæрмæ уый хардзау фæкаст æмæ йе ’фсымæрыл топп фæкодта. Аннæ ’фсымæртæй иу марды тугмæ хистæры амардта. Фæстаг раззаджы баныгæдта, уыцы тын дæр ын йемæ цæвæрдта,- уымæн æмæ, æцæгдзинадæй, афтæ ’мбæлди. Знаг зæронд к’уа, кæнæ рын- чын æмæ кусæгæн куы нæ бæзза, уæд æй амарынц. Кæд цыфæнды хъæдысырдты хуызæн ысты, уæддæр коммæкæсынц, æрмæст цын фæндкæнынмæ арæхс сæ зæрдæйыуагæн. Куы сæхсидынц, уæд цын хатыр фембæлы. Дызæрдыгкæнын куы байдайой, . уæд та цæм хъæд- дых фæлæууын хъæуы. Сæ фæлдурæджджын зондахасты ныхмæ цын æры- вæрын фæхъæуы ру-хъуыдыйыл-лæууыны фидардзинад. Сæ зондæн цын уæлдай тых кæны, дис цæуыл фæкæной, ахæм исты. Æмæ дзы иугæр сæ иугæйттæ кæм аздæхой, уыцы ран иннæты дæр сæ фæдыл акæндзысты. Уыдон цæмæй дæуырдыгæй ’фæуой, уый афтæ зын саразæн нæу. Зындæр у уыдонæн сæ ныххæцыныл. Сæ дзырд кæронмæ /кæй нæ хæссынц, уый у уый тыххæй, æмæ сайынæй тæрсынц, сеппæт дæр кæй кæнынц, стæй цæм хорз дæр цы кæсы. Æвæдза зæрдиаг æргомдзинадыл баууæндыдысты, уæд та, фæстæмæ дæр нæ фæкæсдзысты, афтæмæй ацæудзысты дæ фæдыл. Бирæ бакæнæн цæм ис дзырдарæхстæй, куы дыл баууæндой, уæд та иоджы фыл- дæр. Фæзминаг ныв цын к ’уа, уæд та — алцы дæр. Лæгъзæй, хъавгæ-хъа- вынæй, стæй цын зæрдæлхæнæн митæ куы кæнай, уæд ысуыдзысты дæ зон- 92
гæтæ. Хорз койы фæдыл ысуыдзысты дæ хæлæрттæ. Хатыр цын кæныс, стæй цæм дзæбæх цæстæнгас дарыс, ноджы ма цын чысыл исты лæвæрттæ ракодтай, зæгъгæ, уæд цæ дæхи бакæндзынæ. Фыдздзаджыдæр адон дæ къухы бафтыдысты зæгъгæ, уæд, хъавгæ-хъавгæ ис æдасæй Цæрæн с ’астæу. Уыимæ ма цыл тынгдæр баст фæдæ зæгъгæ, уæд зынгæ адæймаг фестдзы- нæ сæ цæсты. Райдианы хъахъхъæнджыты фæрцы кæм уæндыдтæн размæ, уым фæстæдæр уыддæн бынтон æдас. Тасдæр кæм уыди, уым тыхгæнæг балтæ уыдысты ’мæ фæндагамонæг æмæ менæсайд хъахъхъæнæг. Уырысы ном цын кæд æнад уыд, уæддæр мæнмæ, хуыздæр не мбæлы, ахæм цæстæй ракастысты ’мæ цын ысдæн æхсызгон уазæг. Фæсвæдæймарджытæ, мæн амарыныл раздæр ард чи хордта, уыдон мын кæстæриуæгкæныныл архайд- той æмæ с ’астæу æдасæй хуыссыддæн — сæхæдæг мæ хъахъхъæдтой. 1<æрз- маст Хъанцау, Дæргъæвсы хистæр, Тотлебен-инæларæй дæр ма агуырдта хидылцæуæггаг, уымæн æмæ* куыд дзырдта, афтæмæй йын Гуырдзыстоны алчертæ дæр фыстой. Стыгъта афицерты, къулерты, бауырæдта-иу чырæтæ дæр, стæй ма доктор Райнегс дæр йæ ныхтæ бахауд. Ацы цыппарыссæдзаз- дзыд абырæг ницæмæ ’рдардта йæ мæллæг тыхтæ, фæлæ дурасинтыл бæр- зондæй йæхи ’рхонынкодта ’мæ мын мæ бæхыл фæхæцыд, куы дзы ’рцæй- хызтæн, уæд. Ахæм кад мын ыскодта, мæ зонгæты руаджы мæ кой кæй яйхъуыст, уый тыххæй. Агургæ дæр мæ ницы бацагуырдта, æрмæст загъта, мæ кой бирæ кæй кодтой. Бекби, иу мæнгард тыхгæнæг, хæхты йæ ном хинæйдзаг хуыснæгæй кæмæн айхъуыст, стæй фæндæгтыл æбуалгъ цагъд чи кодта адæмы, уый дæр ма мыл рæстæй цыди, тасдæр цы ран æмæ цы сахат уыди, уыцы ран æмæ уыцы сахат. Йæхи пайда ницæмæ дардта. Ме мбал-иу уыди йæ хуыс- нæджыты балимæ. Æмæ мæ-иу ахæм рæтты аирхæфста, æндæртæ сæ ныфс кæм нæ хастой, стæй уымæн йæхи сæр дæр æдас кæм нæ уыди. Фыдздзаг хатт æй куы базыдтон, уыйфæстæ æз фæцæйцыддæн митджын хæхты ’хсæн. Дæс азы агъоммæ чи алыгъд, ахæм уырыссаг салдат, стæй иу фæндагамо- нæг мемæ ’мæ йыл уыцы ран бафтыддæн. Иæ ’бал —- дæсæмæссæдз æвзæр- гæнæджы — уыдысты й’ алыфарс. Баййæфтон æй йæхионты ’хсæн, арты фарсмæ хуыссыди, лæбурыны фæндтæ куыд арæзта, афтæмæй. Ацы ран исчи фæзындзæн, уый æнхъæл ничи уыд æмæ стыр дис фæкодтой мæ бацы- дыл æхсæвыгон. Сæ зæрдæ ’нцад нал уыди, фæрсынтæ мæ байдыдтой, цы мын саразой, уыууыл сагъæскодтой. Æз худтæн, цæуыл сагъæскодтой, уыдо- нæй цын иуæн дæр дзуапп «æ лæвæрдтон. Бекби йæ хуыссæнæй фæсæррæт- ласта. Топп мæм фæцарæзта, мæстыфарст мæ кæны, ардæм цæмæн æрба- цыддæн? — Хæрынмæ,— дзуапп ын радтон æз æмæ йæ хуыссæныл мæхи ’руагъ- тон.—Знонæй нырмæ нæма бахордтон! Уый бахудт, хæларддзинад равдисыны уагыл мын райста мæ хæцæн- гæрзтæ, стæй мæ суазæгкодта. — Хæрамæй дæм ницы уыди,— загъта уый,— фæлæ не мбæрстон, дзуапп цæй сæрыл нæ лæвæрдтай?.. Имереты паддзахы минæвæрттæ хæхтыл куы цыдысты, уæд ыстыр зынтыл сæмбæлдысты, фæлæ аирвæзтысты ме ххуысæй. 93
Æртæ азы дæргъы Солæман-паддзах йæхæдæг куыд басаст, афтæмæй Ди- ванбек-æлдарæн Уырысы ’фсæдты хицаумæ уымæн йе хсызгон ныстуантæ бахæддзæкæнын йæ бон нæ баци. Йæ ныстуантæ кæмæн бафæдзæхста, уый йын кæй ахондзынæн, стæй йæ фæндаг æдас, æнæхъыгдард кæй уыдзæн. Æппæт уыдæттыл паддзахы баууæндынкæнын афтæ зын уыди ’мæ, æцæг тас цæмæйты уыди, уыдон аиуфарскæнын афтæ зын нæ разынди. Хæхбæ- сты мах æцæгæйдæр æруырæдтой, Цæргæсатæ зæгъгæ, уу мыггаг. Топпытæ нæм æрдардтой. Æз цæм мæ тæлмацимæ бацыддæн, æмæ цæм куы ’рха- тыддон, уæд нын уайтагъд нæ фæндаг ысуæгъдкодтой æмæ загътой: — Непæлмоны ’фос нын нæ хъæлæсæй ыскъахтай. Лæвар дын цæ кæ- нæм æмæ цом. Иукъорд ахæм хъуыддаджы ма ’рымысыдаин ацы ран, фæлæ мын хн- цæйæппæлæгау куы рауайа. Рæдыд у ацы барбæртимæ ’гъдауыл цæрæн нæГг зæгъгæ, (1фтæ зæгъын. Мах цæм цы цæстæй кæсæм, нæхи куыд дарæм, фыл- дæр хатт нæ быцæуы аххос уый вæййы. Æнæсайддæр, лæгъздæр цæстæн- гас цæм куы дардтаиккам, уæд ныл рагæй дæр иузæрдион уыдаиккой хæх- хон дзыллæтæ. Нырмæ цæ сгæрстой æрмæст нæ тæлмацтæ. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты хæхбæстæй сырд адæм. Уыдысты зынæрвæссон Уырысы хардзæй. Æмæ афтæ æнæуаг дардтой сæхи хæххон дзыллæтæ. Нырмæ цæ сгæрстой æрмæст нæ тæлмацтæ. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты хæхбæстæй сырд адæм. Уыдысты зынæрвæссон Уырысы хардзæй. Æмæ афтæ æнæуаг дардтой сæхи хæххон дзыллæты ’хсæн æмæ цын уыдон >дæр сæ митæ нæ барстой. Ноджы ,>ма уыцы минæвæрттæ сæ исуарзон æвдыстой бынтондæр азиаг уагыл. Уый тыххæй нæ ныхмæ сысты хæххон адæм. Æмæ-иу махыр- дыгæй æфхæрд кæй æрцыдысты; уый аххосæй хæрамдзинад баззад нехсæн. Иу дзыхарæхст лæг, хæххон къамис кæуыл æууæнда, ахæм, сехсæн чя цæрид æмæ цын сæ зæрдæйыуагæй пайдакæнын чи зонид, æвæдздзæгæн æмæ, иу ахæм лæг æнæзынæй уыйбæрц саразид, хицæутты бон цæйбæри, нæу бакæнын. Куыд æмбæлы, афтæ ку’ аразид миссион йæ хъуыддæгтæ, уæд адæммæ быдыры, хохыдымджытæм æрцæрыны фæнд дæр тыхджындæр бахъардтаид. Быдырмæ ралидзыны тыххæй æз цыбыр рæстæгмæ цы рай- диан ыскодтон, уый æвдисы, цас бирæ нын бантысид ацы хъуыддаджы. Æз мæхи ’вджид бакæнин, алы аз дæр мин адæймаджы куыд ралидзой бы- дырмæ, адæм æгъдауыл хъахъхъæд куы цæуиккой, уæд. Иуцалдæр хъæуы мæ тынг ыстыхсынкодтой, уый тыххæй. Хъæу Тæтæртуппы раз арæзт куьг ’рцæуид — искуы нæ бацахсын хъæудзæн уæддæр уыцы цæуæн — уæд уый уаид, ацы хъуыддаг нæ цы домы, уымæи йæ сæйраг куыст. Ирыстоны æвæрд Æрдз Кавказы хæхты, бæрзонддæр нал æмбæлы, афтæ цæ сцырхта Ирыстоны. Ардыгæй донгуырæнтæ кæнæ хурыскæсæнырдæм кæлынц, кæнæ хурныгуылæнырдæм. Хæхты рагъ айтынгвæййы хурыскæсæнæй хурныгуы- лæнмæ, стæй цæгат-хурныгуылæнырдæм. Æмæ гуылфгæнаг дæттæ хуссарæй цæгатмæ айгæрстой хæхтæ. ,Æртæ фæндаджы ис æртæ арф комы, цæуæн 94
кæуыл ис, ахæм бæрзæндты ’мæ къæдзæхты астæуты. Цæуæн цыл ис æр- мæст ыстыр зынтимæ. Сæ иумæйагдæр æмæ номдзыддæр у Терчыдон, Астæуыггагæн йæ кой уыйбæрц нæу, фæлæ йыл, куыд æмбæлы, афтæ ба- кус, дæсны куыст, уæд фæхуыздæр уаид. Æртыггаг — Дыгурыл. Уый тæс- сагдæр æмæ зынвадатдæр у. Цыбырæй та, Имеретмæ цыбырдæр у. Уæрдон- вæндаг сæ иуыл дæр нæй, фæлæ фадат к’уаид, уæд |язы — уæлдайдæр астæ- уыггагыл — цæлхвæндаг ыскæнæн кæй ис, уый гуырысхойаг нæу. Ранæй- рæтты дзы ис бæхыл цæуæн, уæлдайдæр та, хохы кæй дарынц, ахæм хæр- гæфсыл. Рагуалдзæгæй майы ’мбисмæ стырдæр дæттæ ’мæ мæсчъыдæттæ æнцондæр уайæн ысты, уымæн æмæ цъитидон тайын нæма байдайы. Дæт- тæ фæззæджы куы ’рсабырвæййынц, уæд фæндаг фенцондæр вæййы. Фæлæ уæддæр тас у, митуарды куы фæзындæр уа, уымæй. Уæлдайдæр та ногуард мит цъитийы скъуыдтæ куы ’рымбæрзы, уæд. Зымæг мит фæндæгтæ куы слæгъзкæны, уæд дзы митыл цæуæн ис. Æрмæст дзы басийынæй тас у. Уый дæр сагъæссаг у — уадтымыгъ куы сьхты, уæд тас у митыбынфæуынæй. дæр... Ныр та бæлвырддæр дзурдзыиæн фæндæгты тыххæй, уымæн æмæ уы- дон ысбæрæгкæнын мæнæн у мæ сæйрагдæр хъуыддаг. Ирыстонæн йæ бæрзæндмæ гæсгæ ивгæ цæуы’ йæ бæстыхъæд дæр. Сæ бæрзонддæр кæнæ цъитиджын хæхтæ сты мит æмæ ихæй æмбæрзт. Æмæ цын сæ дыууæ фарсы быдыр куы хынцæм, уæд дзы æдзух зымæг кæм у, уыцы ран æййафдзæн фынддæс верстмæ ’ввахс. Ам ^ыфæнды ’нтæф сæрды дæр — иухатт дзы, æвæдза, радымдта хурыскæсæнæй зæгъгæ — уæд йæ уазал афтæ тыхджын у ’мæ загътон: ахаудзысты мæ къæхтæ. Мæ уырыс- саг æмбæлттæ уыйбæрц арæзт кæ уыдысты зымæгон дарæсæй, баргъæвсты- сты бынтондæр æмæ цæ хохæгтæ ирхæфстой цæмæйдæрты. Сæ тæккæ бæр- зонддæр цъуппытæй æхсæрдæс версты хуссарырдæм у хъæд. Ссæдз версты та хуымтæ ’мæ иуыл хъæздыг сæрвæттæ. Дæсæмæссæдз версты фæстæ та — алыран дæр сæкдæттæ. Бæстыхъæд цæгатварс кæд æмæ афтæ хъарм нæу, уæддæр дзы хуымтæ ’мæ сæрвæттæ дæсæмæссæдз версты бæрц зынынц ыстыр -хъæздыг. Æрмæст хъæдæй хъуаг ысты. Кæмттæ цас дарддæр уой æмæ цас арфдæр, уыйбæрц хъармдæр вæййы бæстæ. Ацы кæмттæ сты хæх- ты уырдгуытæй арæзт, стæй ма ноджы бæрзонддæртæ ис с’ алыфæрсты. Ацы кæмтты арæзт мæнмæ гæсгæ рауад мæнæ афтæ: райдианы цы митдæт- тæ фæзынд, уыдон бæрзонддæр хæхты рахсаддаиккой. Цæгатварс дæлæмæ цыдысты ’мæ фылдæр лæгъзрæттæ арæзтой уым. Ацы дæттæ фæстагмæ- гæрстой фæндаг сæхицæн, æбуалгъ бæрзæндтæй хаудысты ’мæ гъæйткодтой къæдзæхкъулты цæгатварсмæ. Æмбисонды арф æмæ уынгæг донуаты фæд- тæ дзы баззад ныр. Хæхтыл фæндæгтæ уыдон айгæрстой. Гъеуымæн, гъе, æвæдздзæгæн — дон цас æдыхдæр æмæ къаддæр уа, афтæ комыхъæлæс дæр уынгæгдæр у. Ныллæгрæтты æнтæф у, стæй дзы мигъ арæх бады, къæвда — арæх, зæхх — хъæздыг. Немыцыбæстæн сæ хуыздæр рæтты цы зайы, уыдон сеп- пæт ам дæр зайынц. Цæгатхъæдрæбынты дзы, ацæуæн дæр кæм нæй, ахæм хъæдытæлм зайы. Уæд та цын арæх къæвдатæ бахъыгдарынц сæ хуымтæ, 95
’фæлæ цын уыйхыгъд тас нæу мæтыхæй. Сæнæфсирæн иттæг хорз уаид сæ быдыр. Æз дзы федтон сæнæфсиры уидæгты фæдтæ, уагыл сагъд чи уыд кæддæр, ахæм сæнæфсир. Куыд рагон уыдысты уыцы уидæгтæ, уый зæгъын мын никæй бои баци, фæлæ дзы сæнæфсир кæй чындæуыд, уымæн дзы ис æвдисæнтæ. Кæрæдзийы сæрмæ чи сфардæг, уыцы алыхуызон хæхты æфцджытæй нртасæм: 1. хъæд кæуыл зайы, ахæм хæхтæ, 2. сау хæхтæ, сæ бинаг хайыл зайы хъæд, с’ астæу сæрвæттæ, сæ цъуппытæ та — айнæгкъæдзæхтæ, сæ фæстæ та, 3. бæгънæг хæхтæ, уæрæх кæмттæ. Хæххон адæм фылдæр уыцы ран цæрынц. Фæхстыл дæлæмæ цы зæххы фæлтæртæ алæбырд, уым ис хуымтæ ’мæ сæрвæттæ. Стæммæ та дзы пыхсбынтæ ис. Хъæд дзы нæй æп- пындæр. Сæ цъуппытæ ’мæ сæ бæрзонддæр хæйттæ æдзух митæн æмбæрзт цы хæхтæн ысты, уыдоиæн æрмæст сæ рæбын ис цæрджытæ. Суанг с’ астæумæ хæддзæкæнынц хуымтæ, пыхс, хъæд æмæ сæрвæттæ. Митхæхтæн сæ тæккæ кæрон лучысыл ис сæрвæттæ, иннæ у æнусон мит æмæ æнусон цъитийæ ’мбæрзт. С’ астæу ис цъити кæнæ иххæхтæ. Сæ тæккæ бын их æмæ къæ- дзæхысæстытæ. Згъæлæнтимæ цыма ’мхæддзæ сты, уыйау зынынц. Кæмт- ,ты кæрон цъитийы цæндтæ ’мæ хъæдзæхы фæлтæртæй æхгæд, цыма лæсгæ ’ркодтой, уыйау. Сæ быны — дæтты тæрхæджытæ. Дæтты тæссаг хъæр хъуысы дæлейæ. Сæ сæрмæ стыр митбыдыртæ. Куыд зыны, афтæмæй цъи- тийы ’мбæрзынц. Митцъуппыты тæккæ бæрзонддæртæн æз райдианы афтæ ’нхъæлдтон, æмæ уыдон митхæхтæ сты, кæрæдзиуыл цырхт. Фæлæ цæм лыстæгдæр куы ’ркастæн, уæд дзы разынд къæдзæхы цъуппытæ гранитæй. Ссæдзгай ивазнытæ рахъил ысты уыдон. Æмæ йæ бамбæрстон уæд — æну- сон мит æмæ æнусон цъитийы бын къæдзæххæхтæ кæй ис. Хуссарварс хъæд- тæ райдайынц митхæхты бын — хæрис, нæзы ’мæ назбæлæстæ. Сæ фæстæ та иннæ хæхбæстæты бацахстой бæрзонд хъæдтæ. Ирыстонæн йæ хæдарт- дзæсты комкоммæ кæлынц хæххон дæттæ, иуæй — хуссар æмæ хуссар-ху- рыскæсæны Къуарыдонмæ, иннæмæй та хурныгуылæн, стæй хуссар-хурны- гуылæны — Рионмæ. Уыцы донæн йæ райдиан хуссар-хурныгуылæны ис. Цæгатварс дæттæ райдианы арæзт ысты цæгат æмæ цæгат-хурныгуылæнмæ Терчы хуызæн. Теркæн дæр йæ райдиан хурыскæсæн арæн у, стæй цæуы быдыры суанг Дзылатмæ, цæгат-хурныгуылæнырдæм. Дзылатыхохы цъупп æмуырдыг сæрфт кæй у, Бестамак-быдыр, ноджы ъш уыдонмæ хæстæг Малхъы раз цы бæрзæндтæ айтынг — æппæт уыдонмæ гæсгæ ис афтæ зæгъæн: ацы дæттæн сеппæтæн дæр денджызмæ уыдаид æн- дæр фæндаг. Æцæг циу, уый Малхъыдон кæддæр цыди Къуарыдоны хуыскъ ададжы, стæй уырдыгæй — Сулакмæ. Ардыгæй та Хъуымыдонмæ — фурды- хуызæн ыстыр дон уымæн йæ бакæлæн уыдаид, кæнæ Манычы комкоммæ — афтæ, æвæдздзæгæн — кæнæ та Цъæхденджызмæ скодтаид йæ цыд. Намæ Цъæхденджыз хæддзæкодтаид Манычмæ ’мæ Хъуымайæн дæр æмæ ацы денджызæн дæр уыдаид фæндаг Донмæ, кæннæуæд та Азовыденджызмæ кæуылты ’фтыдаид, ахæм къанау. Манычæн цы стыр донбылтæ ис, ахæмтæ сарæзтаид уыцы стыр дон æмæ Неуайæ къаддæр нæ уыдаид. Уавæр æмæ фадæттæ цы цæст уына, уымæн дзы, донбылты уæрх, с’ арф, семуырдыг, 96
стæй севæрдмæ гæсгæ, дызæрдыг ма цæуыл фæуа, ахæмæй бирæ истытæ нал и. Æрдзывæрд, стæй йын йæ фадæттæ цæйбæрц зонын, уымæ гæсгæ æз уыдон никуы федтон, æмæ цын, æвæдза, иу бынæвæрæн ма уа ’мæ цæ ацы ран æз мæ зæрдæмæ куыд айстаин, сæ дæттæ цын æндæр искуыдæм куы сарæзтаин, уæд. Макычы бæстæ æнæзынгæ фæуырдыг Донырдæм, йæ донуат та у æмлæгъз. Уый аххосæй фæзындысты йæ цадтæ, йæ цъымаратæ ’мæ йæ хъамылбынтæ. Йæ цыд зына-нæзына фæбæрæг- вæййы уалдзæджы, цæст дæр æй уæд æрцахсы. Уæдæ, цымæ, йæ донуат афтæ уæрæх æмæ афтæ арф куыд ысси? Хъобаныдон йæхæдæг арæзт у хусса- рæй цæгатырдæм. Уыйфæстæ саухъæдыл хурныгуылæнмæ фездæхы. Уый тыххæй фестырдæр ысты дыууæ Барзуклейы — æнцад чи лæууы, ахæм дыу- уæ доны,— сæ иу Хъуымыдонмæ, сеннæ та Хъобаныдонмæ кæмæн цæуы, стæй иу равзæрæн кæмæн ис. Калаус дæр ис йæ цуры ’мæ уый дæр ацы сахат у ’нцадлæууæг дон. Иттæг мæ фæндыди, мæ цæстæй кæй ысбарстон, уый, зæрдæ йæм куыд нал æхсайдтаид, афтæ сбæлвырдкæнын. Фæлæ мын уымæн дæр рæстæг нæ уыди, нæ дæр мæм кусæнгæрзтæ фæци. Æндæр хъуыдытæ ’мæ ныхæстыл фæдæи. Фæлæ Цъæхденджыз æмæ Азовыденджыз баиукæныиæн амал кæй æрцæуид, стæй уый суинаг хъуыддаг дæр кæй у, уый тыххæй æз хъуамæ афтæ аххосджын нæ разыпдзынæн. Кæд æмæ фылдæр цæстæнгас фæдарын æмбæлы Кавказмæ, уæд уæл- дайдæр та Ирыстонмæ, уымæн æмæ нæм æввахс у, стæй нын зынаргъ у Гуырдзыстонмæ фæндаг цæмæй уа, уымæн. Анатолимæ*, цымæ, ацы бæс- тыл цыбыр фæндаг нессардæуид? Куыд мæм кæсы, афтæмæй йæ æз баца- монин, дзæбæх æм базылд куы ’рцæуид, уæд. Æмæ ацы пайда, у ома бæс- ты бацахст, у арæзты хос адæмты фæрцы. Уымæн æмæ н’ арæнтæм лæбур- гæ нæ, фæлæ ма цæ хъахъхъæнгæ дæр кæниккой. Æрдзæй арæзт арæнтæ, цæуæн кæуыл нæй, ахæм хæхтæ, дыууæ денджызы ’хсæн ацы къæдзæхбы- ру. Арæзт дæр, цыма, уый тыххæй æрцыд, цæмæй дзы, байсæн кæмæн нæй, ахæм фидар рауайа. Хæзнайæ хъæздыг кæм разынд Ирыстон, уыцы ран нæ стыр ныфс ис ацы бæстæй. Зды ’мæ ’взист арæх кæм зыны, ахæм рæт- тæ дзы бацамонин æз. Зæххы куыст, фосыкуыст æмæ с’ адæм зынгæ фæ- фылдæр уаиккой, уырысы фидарæвæрд фыстæгъдæуттæ цын сæ быцæу куы бауыромиккой, уæд. Свейцары цы ’гъдæуттæ ис, уыдонæн амал æрцæуид ацы ран дæр, хъуыддæгтæ-иу конд куы бантысиккой, уæд. Зымæг дзы фæл- мæндæр æмæ хуыздæр у, сæ сыхаг лæгъз быдырты цы зымæг вæййы, уымæй. Æнæхъæн зымæг сæ дзугтæ фæхизынц хæххон хнзæнты. Холлаг ардтаик- кой ыстыр дзугтæ дард рæтты, атæрынæй цын тас куы нæ уыдаид, уæд. Æппæт, адон Ирыстонæн ысты сæйрагдæр. Йæ бæстыхъæд рæстæмбис фæлмæн у ’мæ æнæниз. Уый адæм, фос æмæ зæххыхъæды схъæздыгæн чысыл æххуыс нæ кæны. Хæхбæстыцæрджытæ сты æнæниз, фидар, цырд, фыдæбоныл фæлтæрд. Дыууæ хатты фылдæр фæуыдаиккой. Стæй цæ нæ * Апатоли — незаманы афтæ хуыдтой Чысыл Ази. Мах рæстæджы та уый у Туркæп нæ азнпг хапы пом.-— Рсдакторы фиппаинаг. 7 Мах дуг № 3 97
ладдзахадæн хорз адæмыхатт рауаид, дзæбæх уагыл арæзт куы ’рцæуик- кой, уæд... Дарддæр та араст дæн мæ фæндагыл. Джызæлдон Дыууадæс версты Теркæй хурныгуылæнырдæм хæхтæй рацæуы Джы- зæлдон (сызгъæрин дон). Фынддæсæмæссæдз версты тындзы цæгатырдæм. Фæз — йæ былтæ, дурджын, айгæрды хъæздыг лæгъз быдыр. Стæй Ахлæуа- тыхæхты цур Теркимæ баиувæййы. Джызæлдон иннæ дæттæй чысылдæр у. Йæ рахизфарсырдыгæй йæм цæуы Æрхондон. Уымæ та ’хсæз версты дæл- дæр хæхтæй кæлы Гучыдон, йæ хурыскæсæнварс дзы хъæд. Комыхъæлæсы, стæй дзы хæхты ,йæ рацæуæны ис хъæд. Уæрхмæ уыдзæн цыппарыссæдз ивазнмæ ’ввахс. Фæндаг йæ галиу былтыл хорз у, уæрдон дзы тулы ’хсæр- дæс версты бæрц. Дæс версты уæлдæр æм йæ рахизфарс хуссар-хурыскæ- сæнæй бафты Гæналдон. Аст версты уæлдæр Гæналдоныл ис Санибайы- хъæу æмæ Калач, фæндаг уырдæм зындæр у. Ардыгæй цæуы къахвæндаг хæхты сæрты скæсæнырдæм Цымимæ, Теркмæ. Фæндаг цæуы Джызæлдоныл, æмбисмæ куы бахæддзæвæййы, уæд ра- хизфæрсты Хъобаны хъæутæм баздæхы. Ком фæуæрæхдæрвæййы, хъæд — тæнæгдæр, фæндаг та — лæгъздæр. Комыдымæгæй æхсæрдæс версты фал- дæр бахæддзæуыдзынæ Хъобанмæ, уома астæмæссæдз версты Дзауровæй. Хъæутæ хицæнтæй лæууынц донæн йæ галиу бæрзонд былыл, кæнæ хурны- гуылæнварс. Хъæуы астæуты хурныгуылæнæй цæуы иу чысыл дон. Хъæ- дарæх хæхтæ фæвæййынц ацы ран. Кæмттæ стыр не сты, фæлæ хъæздыг, адæм дзы бирæ. Стæй йæ цæрджытæ ’ппæтæй сабырдæр ысты. Ноджыдæр æй зæгъын — хуыздæр æфтиаг æмæ фæзбæстæ алы адæмы дæр кæнынц æмуд æмæ цæм тыхджындæркæны лæгуарзондзинад. Мæгуыр æмæ хъæдран та фылдæрæй фылдæр кæнынц, лæбургæ чи кæны ’мæ давгæ, ахæм адæм. Ацы ран ыстæммæ ис дурæйбæстыхæйттæ. Сæ хæдзæрттæ фылдæр ысты хъæдæй конд. Агъуыстытæ — взæр, хохаг хæдзæртты кондæн. Сæ хистæр Сырхау Илик* — æнæсайд адæймаг, хорз нæ суазæгкодта. Нæ дарддæр бал- цы нын немæ арвыста фæндагамонæг æмæ хъахъхъæнджытæ. Сæ угæрдæн- тæ ’мæ сæ хуымтæ сты хурныгуылæнырдыгæй, уырдæм хохыл ис къахвæн- даг Пакмæ, цæуы Фæйнæгдонæй уæлдæрты. Райдианы мæ фæндаг дардта Джызæлдонæн йæ галиуфæрсты, дыууæ версты фæстæ та йæ рахизфæрсты. Уырдæм бахизы иу æвзæр хидыл. Ахæм хидтæ арæзт вæййынц дыууæ нæзыхъæдæй, рæстæмбис хъæдæй, сæ уæлæ кау, кауыл сыджыт конд. Сæ дæргъ æхсæз ,ивазнæй дæс ивазнмæ. Иу ивазны бæрц та сæ уæрх. Хидæн йæ хурныгуылæнварс, иу бæрзонд айнæгкъæдзæхыл ис иу чысыл хъæу. Бацæуæны бартæ уыцы хъæумæ сты. Дон хæхтæй хауы ’мæ сарæзта арф æмæ уынгæг донбылтæ. Уый фыдæй афтæ рауад æмæ фæндаг рахизфарс бæрзæндтыл иттæг зынцæуæн у, ра- *И л и к — чи зоны — Ллыккат ы.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 98
нæй-рæтты та — тæссаг. Мах ыл нæ бæхтæ баластам. Стæй та цалдæр всрсты дарддæр иу æвзæр хидыл фæстæмæ рахызтыстæм галиуфарсмæ. Фæндаг цыди хæрдмæ иу гæмæх æмæ фæзбæрзондмæ. Уыцы ранæй ком фæуæрæхдæр, фæндаг æнцондæрцæуæн фæци. Уыцы бæрзондæй суанг Хъобанмæ Джызæлдон æдзух æхсæрдзæнтæй кæлы саст къæдзæхты ’хсæнты ’мæ уый тыххæй, хурыскæсæны цы хох ис, уыууылты ’взæр къах- вæндагыл цæуын бахъæуы. Дæргъæфс дæрдддзæф цы бæрзондæй зыны, уырдыгæй фæндаг цæ- уы галиубылты хуссармæ иу лæгъз быдыры. Джызæлдон уым ныллæг донбылты згъоры. Дæргъæвс Джызæлдоны рахизфарс ис. Доны алыран дæр ис цæуæн. Хъæуæй ыстыр хъæу у. Й’ агъуыстытæн сæ фыллæр ду- рæйконд. Уыдонæй цæгат-хурыскæсæнварс йæхи бæрзонд систа Хъанцауы фидар. Ацы абырæджы ахстонæй зæронд абырæг йæхи ’руагъта ’мæ дзы, æнхъæл куыд нæ уыддæн, йæ сæрыстырмæ гæсгæ, афтæ фырнымд разынд æмæ мæ хорз ысуазæгкодта. Иучысыл æддæдæр йæ фондз фырты кæд уы- дысты сæ бæхтыл æд хæцæнгæрзтæ, æвæдздзæгæн, сæхи æдасæн æмæ тасы фæдыл, уæддæр мæм æрбацыдысты, мæ фæндон мын куы бамбæрстой, уæд, цæмæй цæм радтон ме ’хсаргард уазæджы ’гъдауыл, æмæ иумæ сæ зæ- рондимæ уæлæмæ куыд ыссæуæм. Цы цыт ын ыскодтон, уый фæдыл иттæг бацинкодта ’мæ ’рфæлмæн. Ай агъоммæ- æз базыдтон, уый бæлццæттыл кæй æрхæцы, кæй цæ астигъы, стæй чырæты дæр кæй бахъыгдары. Суанг ма Тотлебен-инæлар Гуырдзыстонмæ куы цыди æд æфсад, уæд æм йæ ныфс бахаста ’мæ йæ хъыгдардта. Хидылцæуæггаг дзы агуырдта. Стæй йын йæ къулерты, й’ афицерты стыгъта. Каед æмæ Иракли-паддзахы адæ- мæй у, уæддæр ын йæ доктор Райнегсыл æрхæцыд, æнæзонгæ ’мæ цæсты чи н* ахады, ахæм лæг у хæхбæсты зæгъгæ, уый æфсонæй. Уыцы хабар æрцыд, æз уым куы уыддæн, уымæй чысыл фæстæдæр. Фабрициан-инæла- ры дзырдмæ гæсгæ цæм мæ къамандæ ’рвыст æрцыдысты ’мæ æхсæз боны фæстæ суæгъд и. Хистæрæн, абырæгдзинадæй чи сцæрæг, уымæн йæ тых- митæн æххуыскæнынц, æгас Гуырдзийыкомы фæндаджы адæм йемæ баст кæй ысты ’мæ йын Теркмæ фæндаг кæй ис, уыцы уавæр. Ахæм хæлардзинад равдисыны фæстæ мын мемæ бафтыдта Куырт- татæм фæндагамонæг. Мæ фæндаг уыди хурныгуылæнмæ, доны галиубыл- тыл цыппар версты бæрц иу лæгъз быдыры, йæ кæрон нарæг кæмтты ’хсæн, Джызæлдон хуссарæй йæхицæн фæндаг кæм гæрды, уым. Ацы ко- мы цур хурныгуылæнырдыгæй хохыл, иу доныбыл — Хъахъхъæдур. Чысыл дарддæр хуссары комкоммæ та — Ламардон. Æз араст дæн иу доны былтыл, хурныгуылæны Джызæлдонмæ чи кæлы, хуссарæй хурыскæсæнмæ кæм фездæхы, уыцы ран. Стæй Дæргъæвсæй авд версты дарддæр доны галиуфæрсты бафтыддæн уæлхохбыдырмæ, фæндагмæввахс иу хъилдур кæм лæууы, уырдæм. Ацы фæндаг æвзæр нæу æмæ йыл, æдæрсгæ цæмæй цæуай, уымæн ис саразæн. Уæлхохбыдыры ис суадæттæ ’мæ хорз сæрвæт- тæ. Уым зайы, адæм сæ бæхты цæмæй дзæбæхкæнынц, ахæм уидаг. Хъил- дурæй цæгатырдæм ис иу къæдзæххох, йæ та»ккæ бæрзондыл Тбау-Уацилла, кæнæ Иелиайы лæгæт. Ай у, дзуарыбадæн æнхъæл кæмæн ысты, ахæм ку- 99
вæндон. Æмæ йын нымдкæнынц й’ алыфарс цæрджытæ. Лæгæты сæр хъуа- мæ цъæх уа, йæ мидæг та алтары хуызæн къæдзæхдур. Уыцы ран иу хуынчъы ис æвзист къус, бæгæныйæ дзаг. Кувæндонæн йæ бацæуæн зоны ’рмæст иу лæг. Афæдзæй-афæдзмæ уый уыцы ран æрхæссы адæмæн ны- вонд. Лæгæтмæ уый ыссæуы къахвæдтыл хуссарæй. Уырдæм дзуарылæ- гæй фæстæмæ чи ссæуа, уый фенамонд уыдзæн зæгъгæ дзурынц. Фос хи- зынц, лæгæт цы ран ис, уыцы ран бæрзæндтыл, æнæгæсæй, дзуары ’вджи- дæй. Чи цæ бахъыгдара, уый кæнæ йæ мæлæт ыссары уым, кæнæ куырм бавæййы. Иу куырм бирæгъы мын æвдыстой, дзуармæ хæстæг кæй байсæф- той, ахæм бирæгъы. Уыцы бирæгъы Йёлиа йæхæдæг кæй бафхæрдта, уый тыххæй йæ нал амардтой, фæлæ йын хæринаг лæвæрдтой. Хъилдурæй лæгæты комкоммæ исчи куы суæндыдаид, уæд уымæй, кæ- нæ ардбахæрынæй уæлдай нæ уыд. Лæгæт куыд ыссардтой, уый тыххæй сыхаг адæм с’ аргъæутты дзурынц афтæ. Хæсты чи фæци, иу ахæм лæг хурныг.уылæнбæстæй ралыгъд, æмæ фæндаг куы нæ уал ардта, уæд иу гæды цæргæс фестад, афтæмæй йæ ден- джыз æмæ хæхты сæрты рахаста суанг лæгæтмæ. Стæй уырдыгæй комы- цæрæг адæммæ ныццыд. Уыцы лæджы бинонтæн, кæддæр Ламардоны чи цард, уыдонæн сæ хистæр алыйаз дæр лæгæтмæ цыди куывды. Уый хъуа- мæ сыгъдæг, йæхæдæг кæй сарæзта, ахæм ног дарæсты ссыдаид уырдæм. Нывонд хæсгæйæ уый хъуамæ исты нысан раиртаса. Уыцы нысан бæрæг- вæййы бæгæныйы къусæй: кæд æмæ бæгæныйы нуазæн дзаг уа, кæнæ ’нхъæвза йæ былтæй, уæд уымæй бæрæг у ’мæ хортæ зад кæй уыдзысты, сабыр дуг, иудзинад æмæ хорз рæстæг кæй ыскæндзæн. Нуазæн хъуаг ра- зынди зæгъгæ, уæд уый та нысанкæны стонг, хæст æмæ фыдбылыз. Ацы мæнгуырнæн нысæнттыл, мæнгуырнæн фидæнамонæнтыл æцæг цыма сты, уыййау æууæнды алчидæр. Бæрæгбон æрцыд æхсæзæм иуыны иу хуыцаубон. Æз куырдтон хис- тæртæй, мемæ мын иу фæндагамонæг куыд бафтауой лæгæтмæ, афтæ. Фæ- лæ сæ мæнгуырныны аххосæй мæ хуыздæр лымæнтæ ницы ком радтой, мæлæтæй мын тарстысты, кæнæ бакуырмæй, кæнæ ’ндæр исты фыдбылы- зæй. Лæвæртты руаджы мæ иу рогзæрдæ лæппулæг ахуыдта ’мæ тæлмаци- мæ бæрæгбоныбон райсомæй раджы. Æмбисфæндагыл æбуалгъ нæрын бай- дыдта. Стæй мит ныууарыди пирæнгæмттæй æмæ, нæ къах кæм æрывæрд- таиккам, уый нал уыдтам — ницыуал зынди митæй. Уыцы мит комы уай- тагъд атади, фæлæ хæхты бæрзæндтыл дыггаг бон дæр ма урсдардта. Хохмæ ссæуæн нал уыди. Нæ ныфсджын фæндагамонæг дæр боныхъæды нысæнттæй фæтарст æмæ раздæхт фæстæмæ. Æмæ дунетæ уый куы ба- цаданккой, уæддæр фæндаджы кой йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыди. Фæстæмæ куы ’рцæйыздæхтыстæм, уæд нæм зындысты хохыцæрæг адæм хæстæг бæрзæндтыл, уырдыгæй та — лæгæты алфамблай. Уыдонæй алы хæдзарæн дæр уыди нывонды кусæртытæ ’мæ уыцы бон бæрæгкодтой хæрд æмæ нозтæй, стæй алы хъæлдзæгдзинæдтæй сæрибар арвы бын. Дыггаг бон дзуарылæг алы хæдзарæй дæр рахæссы кусарты ’вдасарм æмæ иуцалдæр чъирийы. Адон хъæуы хнстæртæ Ламардоны куывды бахæрынц. Æмæ цын 100
дзуарылæг радзуры, цы ’рцæудзæн, стæй ц’ амонынц фидæны нысæнттæ. Уыдон та ацыхатт уыдысты иттæг хорз. Йæ фидæны нысæнттæй мæ хъуыд- дæгтæн пайда куыд рауадаид, уый тыххæй йын æз иуцалдæр кæттаджы- тыны балæваркодтон. Æмæ уæд дзурын систа, Уырысимæ хæларæй цæ- рын кæй, æмбæлы, стæй быдырмæ лидзын кæй хъæуы. Бирæ мит кæй ра- уарыд, уый æмбарынкодта иттæг хин: йæ хæдзары нæ уыд, афтæ нын йæ чызг, æвæдздзæгæн, мæхи цæ ахъалкæнон зæгъгæ, фыды дарæс йæхи- уыл ыскодта ’мæ цæ счъизикодта, уæдæ цы!! Æндæр, ног дарæс бахуыйын рæстæг нал амыдта, уарыд мит æмæ лæгæтмæфæндаг æгæр зын фæци. Ирыстоны адæм иууылдæр. Захъа, уæлдайдæр та Куырттатыбæстæ стыр, кад кæнынц уыцы лæгæтæн. Кæй кой кодтам, уыцы бæрзондæй фæндаг цæуы Куырттатæм. Фак- дзандон йæ галиу былтыл бацæуы Дзуарыхъæумæ иу къæдзæххохы сæр- ты. Уырдыгæй ма Куырттатмæ ис дыууæ версты. Дæргъæвсæй Куырттат У дыууадæс версты фалдæр хурныгуылæнмæ. Йæ хъæутæй иутæ сты Пок кæнæ Фокдоныл*. Иннæтæ та ’ввахс. бæрзæндтыл — алырæтты, хицæнтæй. Куырттатыбæстæ у кæмттæн се стырдæртæй, стæй сæ хъæздыгдæртæй. Адæм дзы бирæ. Бæрзæндтыл цы мæсгуытæ ’мæ систы хæлддзæгтæ ис, уыдон уый æвдисæг ысты ’мæ ацы бæстæ бирæ ’ндæрхуызæттæ кæй фæ- ци рагзаманты. Хъæд æм æввахс нæй, фæлæ дзы хуымгæнд фаг ис йæ цæрджытæн. Ком хуссар-хурныгуылæнмæ у аст версты бæрц æмæ дзы иу- цалдæр версты дæргъы ис мæнæ ацы хъæутæ: Хæрисджын, Къора, Хиды- хъус æмæ Лæц, йæ зындгонд уæлмæрдтæй номдзыд чи у, уыцы Лæц. Хъæ- уы раз ис къæйдуртæ, сæ уæлæ хуынчъытæ. Къамты бæсты дзы хъазыды- сты. Къæйдуртæ арæзтой йæ цæргæйæ, чи фесгуыхт, ахæм лæгты кадæн. Зæронд систы уыд дзæвгар селитр ыссарæн, сæ сыхæгтæй-иу цæм баивгæ- йæ чи ’рбафтыд. Цымыти стыр хъæу у, донæн йæ галиуфарс, иу хохы фах- сыл. Барзыхъæу — рахиз фарс, доны бæрзонд былыл иу чысылдзны цур. Ацы ран мах иттæг хорз ысуазæгкодта Гуыриаты Солæман. Уый аргъуыд у, фæнды йæ хорз чырыстонлæгæй цæрын, Фæлæ сæ рагон мæнгуырнæн æгъдæуттæ дæр уæгъд нæ уадзы. Иу ыстыр æрхуытас дардтой хихсынæн. Куыд раиртæстон, афтæмæй дзы дзуарæфтыд уыди, стæй уырыссаг фы- стытæ — тас, æвæдздзæгæн, аргъуаны дзаумæттæй уыд. Ардыгон чыры- стæттæ с’ аргъуантæ кæй ницæмæ дарынц, уый бæрæг уыди уыцы хъуыд- дагæй. Ком цæгатырдæм у фондз версты бæрц. Уым ис ахæм хъæутæ: Фæр- дыг, Уæлæсых, Хидыхъус. Покдоны сæрты — хъæдын хид. Йæ иннæрды- гæй, галиуфарс Дæллагхъæу, Мисси иу доныл, иу бæрзонды ’мдæргъ, стæй Гули, Саноба** — рахизфарс, галиуфарс та — Дзывгъис, иу зæронд хъæу, цæгатварс цы къæдзæхтæ ис, уыдон бын, комынарæджы, уæрхмæ дæсæм- æссæдз ивазны бæрц. Ацы ран ис аргъуан Уастырджийы номыл, дыууæ * П о к к æ н æ Ф о к д о н — Ф ы й й а д ж ы д о н. — Тæлмацгæнæ- цжы фиппаинаг. ** Ацонæга? — Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 8 Мах дуг № 3 101
дзæнгæрæджы, бæрæгбон дзы кæнынц афæдз иу хатт. Цæгатварс дзы ис лæгæттæ, ацы комы цæрджытæн сæ рагон бынæттæ. Лæгæттæм нарæг дурæйасин. Уыдонæй иуæн йæ бæрзæнд уыдзæн дæс ивазны. Ацы ранг ма бæрæг зынынц, адæймаг дзы кæй царди, уый фæдтæ. Хъуамæ уыдон арф уой. Иутæ та дзы хæддзæкнынц суанг Уæлладжырмæ. Хурыскæсæнырдыгæй Куырттатæн Фахандоны кæрон ис хъæутæ Га- никоф, стæй Гарикоф, Куырттаты сæрмæ, иу бæрзонд æмуырдыг хохьг цъуппыл — Хæкъуына, Куырттаты ирæн сæ рагон цæрæнбынат, зынвадаты тыххæй йæ ныууагъдæуыд. Покдоны рахизфæрсты æз ацыддæн уæлдæр- иу хорз фæндагыл. Цымытийыхъæуы уыди ’мбырд. Мæ фæндагамонæг фæстæмæ лидзæг фæци, куы нæ ’рцахсой, уый тæссæй. Сæ хъæуæй. Мæз- дæгмæ цыппар хасты фесты ’мæ цыл æнамонд хъуыддаг сæмбæлд: дыууæ- дзы уыцы ран фыртыхстæй амард. Æз æрыстаддæн — мæ дарддæры бал- цæн мæн хъуыди адоны сæр. М’ алыфарс æрзылдысты, æртхъирæн мæм кодтой марынæй, сæхионты цын куыд радтаиккам, уый домдтой. Æз ба- ныхаскодтон сæ хистæртимæ ’мæ цын зæрдæ бавæрдтон, рæстдзинад æмæ- цын хатыр цæмæй бакæной, уый тыххæй кæй бакусдзынæн. Уый фæдыл Цымыти дзырд радтой, цы фæндагамонæг мын алыгъд, уый бæсты мын; сехсæнæй æндæры кæй бафтаудзысты, цæмæй мæ балц дарддæр кæнон. Фæндаг хорз уыди хуссар-хурныгуылæны хъæу Хæрисджынмæ. Ацы хъæу ис ГЗоккæн йæ галиу бæрзонд былыл, дон цæуы хуссарæй, хид ыл уыди; галиуфарсмæ, фæндаг дæр уырдæм цыди. Куырттатæй йæм хуссар-хурны- гуылæнмæ уыдаид æхсæз верстмæ ’ввахс. Ком нарæгдæр бахаста, фæндаг — зынцæуæндæр, стæй — гуыргъахъ. Æртæ версты ку’ ацыддæн, уæд дзьг. доны сæрмæ разынд митæйæрдын. Нæ бæхтæ мах рахизфарсмæ уыууыл- ты баластам. Иу гуыргъахъ фæндагыл бацыдыстæм уайтагъд иу зæронд хæлддзаг дурæйсисмæ. Сис æд мæсыг уыди цæхгæрмæ арæзт. Ацы фида- рыл, сæ дзырдтæм гæсгæ, иу прангаг хан æрбадт æмæ нæ хинæй байста. Фидары ’хсин ыл нысæнттæгæнгæ сайдæй рацыд, ханы ус ысси ’мæ пран- гæгтæ иннæ хæхты хæзнакъахæнтæ скодтой. Доны ныллæг былтыл æз ыс- сардтон алыхуызон хæзнаты стуфтæ. Уыдон, æвæдздзæгæн æмæ, хæстæг митхæхтæй чи ’рызгъæлд, ахæмтæ сты. Хæзнатæй ацы бæстæй хъæздыгдæр» æз нæма федтон кристалтæ, бирæ дзæнхъатимæ доныбылтыл. Зæронд сисæй Хилакъ ис дыууæ версты хуссарварсмæ, комы, бахизæны.. Хуссармæ уæрæхдæргæнгæ цæуы. Хъæу ис Фыййаджыдонæн йæ галиубы- лыл. Йæ бæстыхæйттæ — взæр, дурæй, кæрæдзийы сæртыл амад. Дон цæуы уынгæг арф ран, къæдзæхдонбылты ’хсæн. Хъæумæхæстæг ыл хид. Йæ ра- хиз фарс та — иу нæзыкъох. Бæстæ у уазал, мæгуыр. Чи дзы цæры, уыцы адæм мæгуыр æмæ тыхст æнæ хъæдæй. Хилакъæй æртæ версты уæлдæр æндæр хъæу. Уырдæмхæстæг хуссар-хурыскæсæнæй Фыййаджыдонмæ кæлы Дзамарас. Уыцы чысыл доны сæр цæрынц Тырсы, Фыййаджы сæрмæ та — Захъа, митхæхтæм хæстæг — сæ хъæу. Хуыздæр фæндæгтæй ардæм цæуьг иу, нырма ’нцонвадатдæр фæндаг митхæхтыл. Дыууæ хохы ’хсæн ноджы иу лæнкау. Сæрды фылдæр хатт æнæмит, кæнæ та йыл мит хæрзчысыл. Уыууыл- ты бæхвæндаг нæ, фæлæ дзы цæлхвæндаг ыскæнæн дæр ис. Митхæхтæн сæ* 102
хуссзрварс дыууадæс версты дарддæр — Нар, митмæ ’ввахс. Фæидаг цæуы хæстæг Гуырдзыстон æмæ Имереты арæнтæм — рагон Картвел æмæ Ибсри- мæ. Ацыранæй бæстæ фæуырдыгдæрвæййы хурныгуылæн æмæ хурыскæсæн- мæ, аздахы уыцырдæм дæтты. Стæй хуссары комкоммæ цадæггай кæй фæуыр- дыг, уый руаджы тынгдæр лæгъз у ’мæ хæхтæ кæмттимæ афтæ арæх æм-; хæддзæ не сты, хурыскæсæн-æмæ хуриыгуылæнмæхæстæг цæм арф бæстæты куыд ысты, афтæ. Сомих æмæ Натолиныбæстæм цы стыр фæндаг цæуы, уый дæр хæстæг у ардæм. Хъæд рацæгъд зæгъгæ, уæд хуссарбæстæтæм хæстæгдæр æмæ ’нцондæр фæндагæн саразæн уыдаид. Иу æндæр фæндаг та ’фты хуссар-хурныгуылæнæй Имеретмæ. Цæуы Мамысонгомыл Хлобимæ, Рацъызылдæн йæ цæгатварсхъæумæ. Ацы фæндагыл дарддæркæнын æз мæ Имеретмæбалц, стæй , та фæстæмæ ’рбаздæхдзынæн Куырттатмæ, цæмæй ахæтон дарддæр Ирыстоныл. Куырттатыкомы йæхимидæг алыран дæр ис фæндаг суанг Дзывгъисмæ. Ком нарæгдæр ахаста ’мæ Фыййаджыдон азылд цæгат-хурыскæсæнмæ. Йæ къæдзæхбылтæ — арф æмæ уынгæг. Уыцыран фæндаг йæхи байста доны галиуфарсмæ, хъæдæйæмбæрзт бæрзæндтæм. Иуцалдæр верстмæ фæндаг галиубылырдæм фæуырдыг, дон та азылд цæгатырдæм ныллæг донбылты ’хсæн. Хурыскæсæнырдыгæй иу суадоны рæзты хъæдæйæмбæрзт хохыл фæн- даг-ис Хъобаны хъæутæм. Фæндаг иу донуайæныл уайтагъд бахызт галиу- фарсмæ. Мах дæр уыууылты араст ыстæм, Ку^рттатæй дæс версты дæлдæр, хъæд, кæм зайы, иу ахæм чысыл фæзы, Фæйнæджыдон Фыййагдоны галиу- фарсмæ кæм бафты, уыцы ран. Фæйнæгæн йæ галиу рагъыл цы къахвæн- даг уыди, уыууылты æз иу тархъæды цæуын байдыдтон хохы чъылдымты ’мæ авд версты фæстæ Карцайы хъæутæм бафтыдтæн. Хохрæбынæн йæ разырдыгæй Фæйпæгдоны галнубылыл ис хъæдæй арæзт æвзæр хæдзары- къуымтæ. Комы астæу лæууы хнбарæй иу бæрзонд къуыпп. Уым нс зæронд бæстыхæйттæ, с’ алфамблай систæ æд мæсгуытæ, дурæй конд. Сæ фылдæр у калд æмæ кæрæдзиуыл хорз нал хæцынц. Цыппар версты хурныгуылæ- нырдæм, доны рахиз бæрзонд былыл ис æндæр хъæу. Уым мах æхсæвиуаг бакодтам иу хъæздыг лæгмæ, йæ ном Тæтæ. Карцайæ ацы ран хибардæр у. Й ’алыфарс цы гæмæх хæхтæ ис, уым хорз сæрвæттæ дæр ис æмæ дзы бирæ фос. Цæгатварс дзы иу хохы цъуппыл зайы иттæг хорз сырххъæд (негной)*. Верст æмæ ’рдæг дарддæр хурныгуылæнырдæм та иу ахæм бæрзондыл дыг- гаг хъæу, хуссарæй цы дон цæуы, уый был.Фæйнæгдон æмæ Фыййагдон кæм баиувæййынц, уырдыгæй тархъæдыл ис фæндаг, чысыл æрдузтæ дзы иу дæс версты бæрц Фыййаджыдонæн йæ галиу былмæ хæстæг. Дон быдырмæ кæм рацæуы, уыцы ран ма ис иукъорд хъæуы. Стæй цæгат-хурныгуылæн- мæ згъоры иу лæгъзбыдыры фондзæмæссæдз версты бæрц. Йæ кæронмæ ’ввахс æм бафты Джызæлдон. Уыйфæстæ Тæтæртуппæй уæлдæр баиувæййы Терчыдонимæ, Хуымæллæджыдон Теркмæ кæм бафты, уымæй фондз версты уæлдæр. Хохрæбын Фыййагæй æхсæз версты дарддæр цæгат-хурыскæсæныр- * 3 а з? — Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 103
дæм ысты Ирыстоны подворийæн йæ хæлддзæгтæ иу диссаджы хъæздыг лæгъзбыдыры, Ирыстонæн й ’астæумæ хæстæг, стæй Мæздæджыфæндагмæ ’ввахс хуссарырдыгæй. Ирыстоны Комиссийæ иу архимандрит æмæ цалдæр динамонæджы ’рцардысты ацы ран, цæмæй ирæтты здахой чырыстон динмæ. Фæлæ æдас кæй нæ уыд, уый тыххæй сæ цæттæбынат ныууагътой æмæ Мæз- дæгмæ аивтой. Хаттæй-хатт протопоп уырдыгæй иукъорд æвæлтæрд сау- джыны хæхтæм сæрвиты. Фыййаджыдонæй араст дæн, фæндаджы фæд дæр кæм нæ уыди, ахæм ранмæ — цæгат хохрæбынты хурныгуылæнырдæм. Зади дзы бæрзонд кæр- дæг, бæхымбæрц, æмæ уый тыххæй уыди тынг зынцæуæн. Стыр фæндаг та цæгатырдæм уырдыг æмæ уæрæх. Мах ахызтыстæм иуцалдæр чысыл доныл, Бæрзонд былтæ цын. Уыцы дæттæн сæ зынгæдæр у Суадаг, цæуы хæхты рæбынæй. Хæхтæй цæгатырдæм дыууæ версты, стæй уыйбæрц та Æрыдонæй, лæгъзбыдыры ис иу бæрзонд хъæд, хуины Дзуарыхъæд, дыууæсæдæ иваз- ны бæрц уæрхмæ. Уыцы хъæдыкъох хъахъхъæд æрцыд мæнгуырныны руа- джы. Афтæ дзурынц, æмæ дам дзы иу къалиу дæр чи ракæна, уыууыл исты стыр бæллæх æрцæудзæн. Æмæ баззади хъæдыкъох æнæхæрд. Ставд-æмæ тархъæд ысси. Цæрынц дзы хъæддаг мыдыбындзытæ, æмбæхсынц дзы сырдтæ. Уымæн æмæ уырдæм куы баирвæзой, уæд цын тас ницæмæй уал у. Къохы æддаг фарс цæуы Гатипыдон. Уыцы доны равзæрæны сырххъæд цæгъдынц. Хæстæг æм хæхтæй цæуы Æрыдон. Ацы дон лæгъзбыдыры кæй ызгъоры, кæй фæкъабæзтæвæййы, уый руаджы дзы сæрдыгон йæ ивылдты дæр вæййы цæуæнтæ. Уый кæд æмæ тагъд æмæ стыр у, Теркмæ ’ввахс, уæддæр уæрæ- хæй кæй цæуы, уый тыххæй афтæ тæссаг нæу. Фæлæ дзы ранæй-рæтты ацæуæн нæй. Фæндаг Уæлладжырмæ цæуы Æрыдоны галиу былтыл. Дон быдырмæ кæм рацæуы, ком уырдæмхæстæг тынг нарæг у, æмуырдыг æмæ дзы цæуæн нæ вæййы, иухатт, æвæдза, æмуырдыг рæттæ сæрдыгон донивылд æнхъæв- зын байдайы, уæд. Хæхтыл ма баззайы ’рмæст тæссаг къахвæндæгтæ доны галиуфарс. Уыдоныл куы хæрдмæ, куы уырдыгмæ фæхъæуы хилын. Æндæр рæстæг дзы донуатыл вæййы бæхтыл цæуæн. Æмæ фæндаг Уæлладжырмæ афтæ зын нæ вæййы. Ацы зылды хъæутæ райдайынц аст верстмæ комыды- мæгæй, лæууынц алырæтты комыбæрзæндтыл. Хæхтæ ацы комы иннæ кæмт- ты хæхтæй кæрæдзимæ хæстæгдæр æрбацыдысты. Уый тыххæй дзы, цы адæм цæры, уыдон хæринагæй хъуаг æййафынц. Уыдонæн хурыскæсæны хохрæбын ис дыууæ хъæуы — иу доны галиуфарс, аннæ йæ рахизфарс. Уæл- дæр, хæхтæм хæстæгдæр — Салыгæрдæн, иннæ та дæлдæр иу бæрзондыл — Бирæгъзæнг, иу суадоны былыл, суадоны ном дæр хъæуы номы хуызæн. Æз цын фæндкодтон, быдыры иукъорд ран хæхтыдымджытæм ног хъæутæ саразын цыбыр рæстæгмæ. Æз раздæхтæн адæмы хистæртимæ бæстæуынæг æмæ цын загътон, цæмæй ацы сæрд уый тыххæй бар ракурой. Æрыдонæй хурныгуылæнмæ иукъорд версты Цыраудоны былтæ цæм уæлдай хорз фæ- кастысты цæрынæн. Донмæ хæстæг дзы уыди бæрзондыл иу æрдуз, æмæ уый сæхицæн равзæрстой хъæуы бынатæн. 104
Цыппар мæсчъыдокыл ахызтыстæм æмæ бахæддзæ стæм Урсдонмæ. Уый цæуы дыууæ къабазæй бæрзонд къæдзæххæхтæй. Къулы хуызæн уыцы хæх- тæ цæуынц Æрыдонæй суанг Æрæфмæ. Хурыскæсæны дзы цы къабаз нс, уый сæрты цæуы дыггаг фæндаг Уæлладжыры хъæутæм —- Ход æмæ Нузал- мæ, уырдыгæй та æппæт зылдмæ дæр. Фæндаг цæуы къæдзæххохыл. Фæн- дагыл ис бæхыл цæуæн, бонæмбисыцыд уыдзæн къахвæндагыл. Фæлæ иу рæстæг комынарæг донивылды ку’ ахгæиы, уæд ма дзы вæййы ’рмæст бæ- хыл ацæуæн. Урсдон Урсдон, кæнæ уырыссагау Бслайа, хуины, æвæдздзæгæн æмæ, йæ был- тыл чъырдур арæх кæй ис, уый тыххæй. Уымæн кæд арф донуат ис, уæддæр, бæрзонд хæхтæй цы дæттæ цæуы, уыдон хуызæн тагъд æмæ стыр нæу. Стæй дзы алыран дæр вæййы донуайæи, хохдымджыты къæвдатæй тынг нвылд куы нæ уа, уæд. Комыбацæуæны хъæд кæм зайы, уыцы фæлтæрджын хæх- тæй, дон кæм рацæуы, уым Хъуыбаттæн ис дыууæ хъæуы. Дæллаг ис до- иæн йæ галиу бæрзонд былыл. Хуссар æмæ йыл хурыскæсæнæй æрбазилы. Иу арф дзыхъхъæй хъахъхъæны цæгатырдыгæй. Йæ бацæуæны та ну чысыл фидар, хъæдæйконд, цыппæрдигъон, цыппар цæджындзыл, зæххæй лæджы ’мбæрц. Хурныгуылæны дзы хохæй иу къабаз, пыхс ыл зайы. Иннæрдыгæй- фарс донæй хуссарырдæм, дыууæ къабазы кæм баиувæййынц, уым иу къар- диу бæрзонд былыл ис Хъуыбатты рагондæр хъæу. Уæлладжыр æмæ Дыгур- мæ цы дыууæ бацæуæны ис, уыдонмæ уыцы хъæу бардарæг у. Йæ фæстæ къæдзæххох æмæ тархъæд. Дæллаг хъæуы æлыг-æмæ хъæдæйагъуыстытæ. Сæ кæртытæ ’мæ цæхæрадæттыл гæрæнтæ. Дыггаг хуссайраг хъæуы бæрæг- дарынц дурæйбæстыхæйтты ’хсæн Бадилаты агъуыстытæ ’мæ иу бæрзонд мæсыг. Кæсæджы хынцмæ сæ цæхæрадæтты кæнынц хъæдур, нартхор, булкъ, джнтъри, стæй бирæ хуымæтæджы цъæхтамако. Мæздæджы йæ уæйкæныиц уыцы тамако. Зæххыкуыстыл æнувыд ысты ’мæ сæ уæлдæйттæ фосыл изынц, зæххыкуыстмæ уыйбæрц чи н ’арæхсы, уыцы кæсæгæн. Ис цæм бпрæ рæгъæуттæ ’мæ цæрæгдæр ысты иннæ хæххон дзыллæтæй. Сæ зæхх у хъæздыг, стæй хорз ран ис. Уыдон æрæджы ралыгъдысты Ды- гурæй. Дæллаг хъæуы цæры Гуыргъохъ, дыггаджы Келмен æмæ Мысост Бадилатæй, хъæуты хицæуттæ сæхи нымайынц æлдæртты ’мсæр. Мæ бацыдмæ иууылдæр уыцы дзолгъомолгъо ’мæ змæст уыдысты. Ба- дилатæ иуцалдæр азы размæ адæмы зындзинæдтæ уæззаудæр кæй фæкод- той, уый ныхмæ быцæукæнын байдыдтой дзыллæйы хистæртæ, уымæн æмæ кæсæг сæ кусджытæм цы уагæй кæсынц, уыцы уагæй сæхи равдыстой Ба- дилатæ дæр. Дыууæ азы раздæр Чысыл Кæсæджы куы уыддæн, Уырысмæ цæ куы истон, уæд адæм Бадилатыл ыстыр хъаст бахастой хнстæр лсйте- нант Фромголдмæ. Хъуыддæгтæ уæззау куы разындысты, уæд адæмæн ба- рæвдауынæй зæрдæ сæвæрдтой. Бадилатæ сергом лæвæрдтой Кæсæджырдæм, фæлæ сæхæдæг дæр зынвадаты уыдысты ’мæ сæ бон ницы ’ххуыс бацн. Хæхбæсты цæмæй загъд ма сабыркæна, уый тыххæй Баднлаты адæмыл ар- 105
дыдтой. Уыдоны ныфс уыди, ахæм ызмæст рæстæг адæмы сæхи бакæнынæй, уæззау хъалон сæвæрынæй, Бадилатæн кæй нал фыстой, уыцы хъалон. Хæ- стæгкæнын цæм куы райдыдтон, уæд мæм сæ хистæртæн хъаст рарвыстой, Кæсæджы арæнтæм æввахс цы хъæутæ уыди, уырдæм, тыххъалон цæ кæй исы; иу’ кæсгом лæппу-æлдар, йæ ном Мысост зæгъгæ, уый тыххæй. Мæнæн фæдзæхст уыди, цæмæй æгас Ирыстонмæ дæр, Кæсæгæй бынтон сæрибар кæй у, афтæ кастаин. Уый тыххæй æз уыцы кæсгом æлдармæ бартхъирæн- кодтон, кæй йæ ’рцахсдзынæн æмæ йæ арæнхахмæ (линия) кæй арвитдзы- нæн, уымæй. Æлдар лидзæг фæци ’мæ æз, уæрдæтты хъалонæй цы самадтой, уыдон сæ хицæуттæн байуарынкодтон фæстæмæ. Уыйфæстæ мæм хъæутæн сæ фылдæр сæ зындзинæдтæ фехъусынкæныны тыххæй сæ хистæрты ’рбар- выстой Хъуыбаттыхъæумæ. Æз дзырд радтон Бадилатæ мæм куыд фæзы- ной, фæлæ мыл цы дзуапп сæмбæлд, уымæй бамбæрстон, мæ коммæ кæй нæ кæсынц. Уæд адæмы хистæрты ’рымбырдкодтон Хъарадзаутыхъæуы, цæмæй хъуыддæгтæ бæлвырддæр равзæрстаиккам иумæ. Хъарадзаутыхъæуы дзыллæ Дыгургомæй ралыгъдысты. Урсдонæн ис йæ цæгат-хурныгуылæнырдыгæй, хæхты хъæдрæбын, Æрæфы раз. Æз мæхи уырдæм сарæзтон, æмбырдмæ. Иу дзæбæх фæндаг рацæуы Хъуыбаттыхъæуæй иу доныл. Доныбылтæ сты хъæд. Фондз версты дарддæр та уым цæуы Дурдурыдон. Дыууæ доны ’хсæн ис ыстыр хъæу Дурдур. Дурдурыл уыцы ном уымæн ысбадт, æмæ йæ до- нуат дурджын у. Дон рацæуы хъæдмæхæстæг хохæй æмæ згъоры цæгат- хурыскæсæнмæ ’мæ Тæтæртупмæ хæстæг Урсдоныл бафты ’мæ чысыл хъæ- дыкъохтæ ’нхъæвзы уыцы ран. Тæтæртуппæн йæ хуссарварс уый баиу Урс- донимæ, раст нарæджы раз, стæй иумæ бафтынц Теркыл æмæ уымæ гæсгæ нарæг дæр фæфидардæрвæййы. Дурдурыхъæу æмæ хохдымджытæм ис вер- сты ’рдæг, сæхи йæ хонынц бадилон мыггаг Тугъантæ. Уыдон ысты авд æфсымæры. Сæ хистæр Айтег. Цæмæй йæ бартæ йæхимæ баззайой, уый тыххæй æрæджы йæхиуыл саргъуыдта ’мæ ахицæн Бадилатæй. Дурдуры рахиз къабазыл ку’ ахизай, уæд фæндаг иу бæрзонд фæзмæ схæрдкæны ’мæ æртæ версты фæстæ цæуы Гуссарекдоныл. Версты фæстæ та иу чысыл доныл. Уайтагъд сæ дыууæ дæр баиувæййынц. Уыйфæстæ ’хсæз верстмæ дæлæрдыгæй бафтынц Дурдурмæ. Иуцалдæр версты фæстæ згъо- рынц Псолгъайы дыууæ къабазы (уырыссагау рæдыдæй хуины Чикола). Псолгъа арæх акæлы йæ ныллæг былтæй. Уыимæ — цъымаратæ. Уырдыгæй æртæ версты дарддæр ызгъоры Хæзнидон Тæтæртуппы арыхъхъыты дымджы- тыл æмæ Æрæфыдоныл бафты. Уыдзæн ма
Критикæ æмæ библиографи МАМСЫРАТЫ МУРАТ Гитлер Хърупсмæ æрбадзырдта?.. (Рецензийы бæсты) «Цы уыдис, цы федтон, цы бамбæрстон», зæгъгæ, ахæм сæргонд скодта йæ «мысииæгтæн» фыссæг Æгъуызарты Æхсарбег. Æмæ сæ рауагъта «Мах дуджы» 1992 азы æртыккаг æмæ цыппæрæм чингуыты. Цы федта, уыя нæ зонын, фæлæ æмбаргæ бирæ кæй нæ бакодта, уый «бæлвырд у. Уымæн æмæ æмбаргæ адæймаг иуæй мæрдты фыдгой кæ- иыя йæ сæрмæ нæ хæссы, иннæмæй сывæллонау æрымысгæ хъуыддæг- тæй йæхицæй не’ппæлы. Æхсарбеджы «мысннæгты» та æндæр ницы ис: тиæнæй тынгдæр Райгуырæн бæстæ ничи уарзта; кæимæ куыстон, уыдо- нæй мæнæй зондджындæр, ахуыргонддæр, арæхстджьшдæр, сыгъдæг- зæрдæдæр, мæнау ныфсхаст, хицауадмæ уæндон ничк^ уыдис; хъуыддæг- тæ-иу кæм нал цыдысты, уырдæм-иу мæн барвыстой æмæ-иу куыст йæ къахыл слæууын кодтон... Ахæм куы уыдаид, уый йæ тынг фæнды Æгъуызары-фырты. Æмæ нын уыцы хорз миниуджытæй исты равдисынæн фадат дæр уыдис. Зæ- гъæм, Райгуырæн бæстæ уарзыиæн, йæ бахъахъæныны охыл æмгæрт- ты, æцæг лæгты æхсæн тохы быдыры æрлæууын. Фæлæ, дам, рынчын уыдтæн, мæлгæ кодтон, нæ мæ ауагътой хæстмæ. Мæнæ цы зæгъы уый тыххæй. «1941-æм азы 22-æм июны сæумæраджы бамидæг дæн Алагиры хæ- отон комиссарады»... Комиссар Назаров æй фæрсы: — Æмæ ды дæр хæстмæ цæуынмæ хъавыс? — Хъазыс, цæмæн? Цæуын... Фæлæ, дам, ^æ фарсы дон разынд, хæстмæ ие сбæззыдтæн æмæ... — Баздæх æт»æ дæхи дзæбæх кæп, — сдзырдта Назаров. — Партийы уæнгтæм кандидат куы дæ. Ам дæр бахъæудзынæ... Уымæй размæ, 1940 азы майы йын дохтыр Лолаты Андрэй дæр дзырдта: «Гъы, æмæ уæдæ куыд цæрыс, комсомол? Къандидат, дæр, дам, дæ куы зæгъынц... Нырма уалдзæг у. Дæ ннзииæ та ардыгæй фæззæг- мæ цы уыдзæ!!, уый хуыцау дæр нæ зоны...» «Цæвпттоны хъуыддагæй тла оамбарыи кодта, ома, тагъд дæ рагсн фыдæлтæм афардæг уыдзы- нæ, зæгъгæ, — фыссы Æгъуызары-фырт...— Лолайы-фырт ма мын цы- дæр рецеиттæ рафыста, фæлæ æз афтекмæ дæр нал бацыдтæн». Ома, а-дыууæ боны мæлгæ куы кæндзынæн, уæд ма хостыл мæ рæс- тæг цы сафон. Фæлтау цæуон æмæ пырындз бацагурон рагацау. Мæ хисты фьыгæн плау хъæудзæн... Хæстмæ йæ куынæ ауагътой, уæд «партизантæм» афардæг нæ «тохмондаг патриот». Уырдæм дæр æй нæ нстой, фæлæ «йæ фæнд атардта». Æмæ йæ мæнæ æхсæвы хъахъæнæг сæвæрдтой, фæдзæхсынц 107
— Æхсар, ды мæнæ ам уыдзынæ. Ма бафынæй у лæугæ-лæууын. Уæд ^а дын карабинимæ дæхи дæр ахæсдзысты... , «Фæсæмбисæхсæвты иу афон мæ хъустыл ауадн кæйдæр къæхты уы- нæр, — фыссы Æхсароег. — Æз ссырддзаст дæн. Мæ берданкæ сæргъ- æатон...». Уыцы рæстæг, æвæццæгæн, йæ фыдфынтæй фервæзт, мæгуырæг, райхъал. Фæлæ йæ карабин берданкæ куыд фестад? Науæд Æхсар 1940 азы майы партийы уæнгтæм «къандидат» куы уыдис (уымæй йæ цас раздæр райстой, уый нæ фыссы), уæд ма 1941 азы июкы дæр нгшдидатæй куыд бадтис? Кандидаты æмгъуыд иу аз йеддæмæ куынæ уыдис. Кæннод, хæст кæй райдыдта, уый уæды ССР Цæдисы фæсарæй- наг хъуыддæгты адæмсн комиссар Молотов 1941 азы 22-æм июны æр- мæст боны дыууадæс сахатыл куы фехъусын кодта радиойæ, уæд нæ «хъæбатыр патриот» уыцы бон «сæ^мæраджы» хæстон комнссарадм цы «бамидæг ис»? Кæд æм Гитлер æхсæвы телефонæй Хърупсмæ (æви Салыгæрдæнмæ) æрбадзырдта: «Райсомы цыппар сахатыл фæбыр- сын, æмæ кæд лæг дæ, уæд мæ размæ рацу!..». Иу заман Æхсарбегæн фехъусын кодтой, Сырх Æфсад, дам, Дзкы- зæлы цур фашистты иыддæрæн кодта. Уымæ гæсгæ фыссы: «Тагъд мæлгæ кæй кæндзыиæн, уый дæр мæ æрбайрох и». Æмæ ахæм хъуыды дæр æвзæрын кæиынц Æгъуызары-фырты мысинæгтæ: 1940 азы йæ уд исьш чи байдыдта («Лолайы-фырт ма мын цыдæр рецепттæ рафыста, фæ- лæ æз афтекмæ дæр нал бацыдтæн»), бирæ ахæссын æнхъæл чи нал уыдис йæхицæн, уымæ ахæм зоид цæуыннæ æрцыд: «Кæд мæлгæ — уæд тсхы!» Сæйгæ куынæ кодта, йæ къæхтыл куы цыдис, кусгæ куьг кодта. Нæ, дам, мæ ауагътой хæстмæ. Тынг кæй фæндыд, уый-иу ии- чи баурæдта^ А^ксей Маресьевæн йæ дыууæ къахы куы ахаудтой. уæддæр ма куы ацыд тохы быдырмæ æм’æ уæлдæфон хæстыты знаджы цалдæр хæдтæхæджы æрæппæрста, йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йьш радтоя Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Æмбислæг уæвгæйæ равды- ста ахæм хъæбатырдзинæдтæ. Æмæ уæд уый куыд ауагътой хæстмæ? Науæд Эффенди Капиев. Уый æцæг рьшчыя уыдис, нæ йæ айстой хæстонты рæнхъытæм, фæлæ йæ тынг фæндыд æмæ хæстОн уацхæссæг ссис, тохы быдыры йæхи цæстытæй уыдта нæ хæстонты хъæбатырдзи- нæдтаз æмæ диссаджы уацхъуыдтæ фыста. йæ блокноты фæстаг фысг у, операци йын кæнгæйæ куы амард, уьшæй цалдæр минуты раздæр. Рынчын, сахъат уæвгæйæ хæстмæ чи ацыд, ахæмтæ мингæйттæ уыдысты. Булкъон Лекты Мурат мьш кæддæр радзырдта ахæм хабар. Хæст Ирыстсны зæххыл куы цыдис, уæд, дал1, Рассветы хъæуы цур ротæйы командирмæ æрбацыд, йæ иу цонг хæсты кæмæн ныппырх, ахæм лейтенант. Ирон разынд, Хъазиаты Хъылцыхъо. Мæнмæ гæсгæ, картыхъæуккаг. Гъемæ ротæйы командирæй куырдта, хуымæтæджьг салдатæй мæ айс, зæгъгæ. Командирмæ аив нæ каст: иуæй афицер уыдис Хъазийы-фырт, æмæ нæ салдат куыд скодтаид, иннæмæн та иукъухон адæймагæй цæй хæстон ис. Фæлæ нал ракуымдта Хъылцыхъо тох^1 быдырæй. Æмдз гъæйттзæгъгæ æнæхъæн лæгæй равдыста йæхи^ иу къухæй топпæй дæр æхста, гранаттæ дæр зыввытт кодта. 108
Цытæ сарæзта нæ «партизан», знагæн цы фыдбылызтæ ракодта? Æлпынфæстаг уыцы мæгуыр заманы къæбæр кæй хардзæй, цæй æф- сон хордта? Ницы зæгъы уый тыххæй. Æвæццæгæн, æгæр «хæдæф- сарм» кæй у, уымæ гæсгæ. Хуыдæлты Темырсо;лтан «В тылу врага», зæгъгæ, ирон партизантæ æмæ сусæгкуыстгæнджыты тыххæй цы чнныг ныффыста, уым дæр Æгъуызарты Æхсарбгджы кой нæй. Уый бынаты (Хуыцау бахизæд!) æз Темырсолтанæн салам нал раттин... Мæнæ йын чидæр радзырдта, Алагир суæгъд, зæгъгæ, æмæ уæрмæй, схызт, сæхимæ æрыздæхт. Немыцæй зæгъы: — Ха-ха-ха! — Дзырдта ме’фсымæр Кимлен. — Хъæбатыртæ! Бын- мизтæ! Æхсæз кæртмæ ракæсын дæр нæ уæндыдысты... Ам æз диссагæй ницы уынын. Куыд хъуамæ уæндыданккой немыц, уæлдайдæр æхсæвыгон? Сæ разведкæ æвзæр нæ куыста, æмæ кæд сæ хъустыл æрцыд, ам кæмдæр Æгъуызарты сахъгуырд адæмон масти- сæг цыдæр ног хæцæнгарз карабин — берданкæимæ сымахыл цуан кæны, зæгъгæ. Сæхи нæ бын кодтой талынджы æддæмæ ракæсгæйæ?! Диссаг æндæр хъуыддаг у: уыцы «тæппудтæ», «бьшмизтæ» цы- быр рæстæгмæ æппæт Ныгуылæн Европæйыл æфсондз куыд æрæвæрд- той, суанг Уæладжыры коммæ куыд æрбахæццæ сты! Стæй æрмæст партизанты биноиты нæ, фæлæ, исты хъуыддаджы сæ коммæ чя нæ каст, чысыл дæр гуырысхо кæуыл кодтой, уыдоны цæгъдгæ куы код- той (Æхсарбег йæхæдæг фыссы, æрмæст иу дзыхъы, дам, разынд дæс æмæ ссæдз адæлмаджы марды бæрц), уæд ын йæхи бииотæи цæмæи батæригъæд кодтой? Уæлдайдæр хуымæтæджы «партизан» куынæ уыдис, фæлæ фæскомцæдисы, мыхуыры кусæг, партимæ «къандн- дат»... Бирæ ахæм æмæ æндæр фарстытæн нæй дзуапп Æхсарбгджы «мы- синæгты». Уымæн æмæ иуæй хъуамæ, лæгæл куыд æмбæлы, царды ахæм фæд иыууадзай, æмæ дæ уæд адæм зæгъдзысты (дæхæдæг нæ), цы дæ, уый; иннæмæя та гæдыиыхæстæ кæнынæн дæр цыдæргæ зо- иын хъæуы. Æмæ Æгъуызары-фыртæн йæ «хæстои сгУыхтдзикæдтæ» цыбырæй равдисыны фæстæ йæ зонындзинæдтæм дæр æркæсæм, куыд æппæлы йæхицæй, уьицæ æхсæнæй-æхсæнмæты байхъусæм: «Мæн куывдтæ, чындзæхсæвтæ æмæ æндæр ахæм рæттæм никуы равдæлди. Куыст æгæр бирæ уыдис, кæсинаг чингуытæ та ноджы фылдæр». Мæкæ йæ партион скъоламæ рарвыстой, фæлварæнтæ дæтты, бклет райста, æрхаст æм æмæ: «Мемæ ма уыди ноджыдæр нукъорд адæй- маджы. Уыдон æрбадтысты сæхи цæттæ кæнынмæ. Æз Хр*отофорæ& (скъолайы днректорæи — М. М.) афтæ: — Дзуапп дæттæн ис? — Æмæ цæттæ дæ? — афарста мæ дисгæнæгау. — Цæттæ дæн. ...Стæй мын «цыппар» куы нывæрид. Уый мьш мæ тъæнгтæ ацагъ- та... 109
«Ахуыр кæнын райдыдтам. Программæмæ гæсгæ нæм цы пред- «меттæ уыди, уыдонæи сæ фылдæрмæ рæвдз уыдтæн». Уымæй размæ: •«...ноджы бæстондæрæй бавнæлдтон марксистон-ленинон философн ахуыр кæнынмæ. Ленины «философон тетрæдтæ», Александров æдоæ Розенталы чингуытæ, философон дзырдуат, Марксы, Энгельсы æмæ суанг Гегелы чингуытæ дæр», «...фыдцаг секретарæн докладтæ (пле- нумтæм, конференцитæм — М. М.) фыстон æз, æмæ цалынмæ обко- чæй нæ рацыдтæн, уæдмæ не схицæн дæн уыцы уæззау уаргъæй». «Кæд обкомы кусджытæй искæмæ истæйы тыххæй хæлæг кодтон, уæд æрмæстдæр Хъæбæлоты Билармæ». «Бирæты царды хъæуы кадджын бынат, æхца æмæ хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй рæстæг æрвитын. Æз уыдæттæм иикуы бæллыдтæн»... «...цыдæриддæр куыст нæ кодтон, иу ран дæр мæхи зындзинæдтæй фæстæмæ никуы раластон», «Иудзыр- дæй, мæхн бадомдтон, мæхи удхарæй фæмардтон», «...æз цы куыст кодтон, уымæй уæлæмæ ма ножыдæр чингуытæ фыссынæн хъуыди стыр зонд, стыр курдиат, науæд та чысыл зонд æмæ æнæмбаргæдзи- иад». «Чиныг куы рацыди, уæд мæ бирæтæ фарстой: — Хуыцауы тыххæй, куыд æй рауагътой? Куыд бауæндыдтæ афтæ иыффьхссыи?» Паргийы обкомы фыццаг секретарæй зæгъы: «Уый дæр-иу мæм азагъд кодта, æз дæр-иу дзы фылдæр хатт хæсджынæй нæ баззадтæн». Иу хатт та. дам, 1Цæ обкомы бынтон дзæгъæлы æфхæрдтой, — фыссы ЛГгъуызары-фырт. «Æмæ уæд æз дæр сыстадтæн æмæ хъæуы ша дæ, иал... афтæ загъд кодтон, æмæ, æвæццæгæн, обкомы агъуысты бæзджыя къултæ зыр-зыр кодтой. Хъæбæлойы-фырт ныхъхъус и... Иннæтæй дæр ничи ницыуал сдзырдта»... Шамилы кой дæр кæны Æгъуызары-фырт. Æмæ мæм ацы «мы- •-слнæгтæ» кæсгæйæ сæззæрд ахæм хъуыды: Шадал Джыккайтæй у, йæ рагсн фыдæл, æзæццæгæн, Джыкка хуындис, фæлæ, цымæ, Æхсар- •бегæн та Джыяко ницы хæстæг уыдис? Бæрæг у: Æхсарбег йæ сæнттыл нæхæдæг дæр хатгай æууæндын байдайы, æг*:æ йæ æгæр дæрдтыл ахæссынц, бæрц нал фæзоны, йæ хъустæя йе’хсæрфæрстæ хойын байдайы. Пленумтæм æмæ конферэнцитæм докладтæ чи «фыста» (ай-гъай, уырыссаг æвзагыл?, уымæн обком бабар кодта газетмæ уацхъуыд ньгф- фыссын. Ныффыста йæ, фæлæ йæ хъуамæ ныммыхуыр кæныны размæ обксмы секретарь Севастьяноз бакæса. Æмæ «докладтæфыссæг» зæгъы: «Фыст куы фæдæи, уæд æй Æгъуызарты Георги уырыссаг Æвзагмæ ратæлмац кодта æмæ йæ Севастьяновмæ схастон». Цæмæн æй бахъуыд, цымæ, кæйдæр æххуыс, кæд уырыссаг æвзаг зоны, уæд? Кæд нæ зоны, уæд та искæмæн раныхæстæ куыд фыста? Мæнæ та партийы обкомы бюройы æмбырды цы «хъæбатырдзинад равдыста», обкомы дыккаг секретарь Севастьяновæн цы «дæрæн нык- кодта», уый тыххæй фыссы: «Уый дзуапп лæзæрдта хъæууои хæдза- рады тыххæй. Пленумты, конференциты, æмбырдты та фылдæр 110
дзырдта литературæ æмæ аивады фарстатыл... Куыд баикъардтон, аф- «тæмæй бюройы мæ фарс чи рахæцыдаид, ахæм нæ уыд. Æмæ уæд æз дæр мæ маст акалдтон Севастьяновыл. Загътон: хорз уаид, Севастья- лов йæ баргонд хъуыддæгты куыст куы кæнид æмæ кæм ницы ’мбары, уырдæм куы нæ ’вналид, уæд. Цыбырдзырдæй, бирæ карз ныхæстæ ракодтон Севастьяноьы тыххæй...». Дарддæр куыд фыссы, афтæмæй йæм иухатт уыцы Севастьянов фæдзырдта æмæ йын бабар кодта, Брытъиаты Елбыздыхъойыл, дам, ныффысс, буржуазон националист кæя у, уый раздис æмæ йæ газеты рауадз. Сæххæст кодта Æхсарбег хицауы æлгъаг ныстуан. Афтæ дæр нæ ахъуыды кодта «æргомныхасгæнаг», «ныфсджын» Æхсарбег: мæнæн цæмæн бар кæнынц драматургыл фыссын, æз чи дæн, фысджытæ нæм куы ис, уæд? Нæ ахъуыды кодта фырцинæй: хи- цауады зæрдæ балхæнынæн ын ахъаззаджы фадат фæцис... Хал халыл нæ хæцы «мысинæгтæй», сæ мысæг сау хъуымацыл урс æндахæй æна- рæхст егъау сынчытæ кæны æмæ йын æгæр бæрæг дарынц, уæлæнгай æркастæй дæр зынынц, бамбæхсæн сын нæй. Иæ удаэй арт цæгъды Æхсарбег, йæхи ма куыдæй раппæла, искæуыл та цъыф куыдæй бакала, ууыл гъæйттæй архайы. Куыд фыссы, уымæ тæсгæ ну заман газет «Рæстдзинад», йе сæфты къахыл ныллæууыд, арæхстджын рэдактор ын кæй кæ уыдис, уый аххосæй. Гъемæ йæм уæд Æгъуызары-фырты æрæрвыстой, фервæзын æй кæн, зæгъгæ. Æр- æмбырд кодта газеты кусджыты æмæ сын «фæлварæн» сарæзта: Л. Н. Толстойы «Воскресенне» цы амоны? Козьма Пруткоз чи уыдис? «Царь Коаин Федорович», зæгъгæ, ахæм пьесæ чи ныффыста? Марадз-зæгъай, исчл дзы исты æмбара. «Дзурын дæр мæм нал цыдис, — додой кæны Æхсарбег. — Кæй сæм фæсидтæн, ууыл дæр ма æрфæсмон кодтон. Иу цасдæр хъусæя абадтæн, стæй уæд загътол: — Толстойы роман «Воскресеньз» — «Хуыцаубон» нæ хуыйны, фæ- лæ «Воскресение», ома фæстæмæ райгас, кæнæ йæ удыхъæд сног и. «Царь Иоанн Федорович» та ныффыста æртыккаг зындгонд Толстой... Козьма Прутков та уыди псевдоним. Уыцы псевдонимыл фыстой æр- тæйæ. Уыдонæй дæр ну уыдис Алексей Толстой, иннæтæ та — æфсы- мæртæ Жемчужникозтæ. Раджы амардысты. Нудæсæм æнусы...». Уанцон нæу, сс’ппæты иумæ кæдæм цæгъдыс! Уыдонæй иу — Алек- сзй Михаилы фырт амард 1908 азы, ома ссæдзæм æнусы. «Псевдонимыл» дæр æртæйæ нæ фыстой, фæлæ цыппарæй. Жем- чужниковтæ сæхæдæг æртæ æфсымæры уыдысты: Алексей, Владимир æмæ Александр, стæй ма кæй кой кæны, уыцы Толстой дæр. Аннæмæй редакцийы кусджыты баййардта, пъесæ «Царь Иоанн Федорович» чи яыффыста, зæгъгæ. Æмæ йын хъуамы цы дзуапп радтаиккой, кæд æмæ акæм пьесæ ничи ныффыста, уæд. Фысгæ та йæ уымæн нæ ныккодта, :æмæ нæ уыдис ахæм паддзах. Уыдис Фгдор Иоаннович, æмæ уый бын- тон æндæр хъуыддаг у. 111
— Уый фæстæ бирæ фæсагъæс кодтон редакцийы кусджытæй иуæй-иуты хъысмæтыл, — зæгъы Æгъуызары-фырт. — Æрдзæн зондджын, æвзаг зыдтой, ахуырдзинадæй та — бынтон мæгуыр. Ау, уыкæй ма дзы мæгуырдæртæ уыдис? Уæд уыдоны райдиан скъоламæ арвитын хъуыдис, редакцийы дарыны аккаг нæ уыдысты. «Æвзаг зыдтой» зæгъы. Æмæ уый куыд раиртæста, йæхæдæг ьш куы ницы ’мбары, уæд? Фæсномыджы бæсты «псевдоним» куы зæгъы. Науæд: «Интурист»-ы уазæгдонæй мæ кусæн бынатмæ æрцыдтæн», «фæстæмæ райгас». Ирон лæг «æнтыд» зæгъид, уый — «бардæ», гæххæгт «кæнмæ» арзнтоны бæсты — «кæуыл арвитон», «лæсгæры» бæсты — «болт». Хойраг (царв, дзидзайæ зæгъы) ирон адæммæ «стъолыл» нæ вæййы, фæлæ фынгыл. Цы амоны «уæлахиздзинад мах уыдзæни?» Уырыссаг æвзагæй йæ ратæлмац кæныамæ хъавыд... «Уæла- хиздзпнад мах уыдзæни» уырыссагмæ куы раивац фæстæмæ, уæд уыдзæн «Победность будет наша». Æмæ дзы уайы сæнттæ. Афтæ фыссы, æмбал Сталин, æмæ уый тыххæй дæр хнцæнæй зæгъ- дзынæн фæстæдæр. «Дружбæйы хæдзар», «конкретон», «критнкæ», «дохтыр Йодзагва», «лом», «метод», «мæ характер»... Омæ гъа, æвзаг нæ сахуыр кодта, фæлæ мыггæгтæ раст фыссын уæддæр хъæуы. Иæхи фыссæг куы хоиы. Стæй алкæмæ фаутæ куы хæссы. Дафа — рухсаг уæд — Хъесатæй куы уыдис, эæд æй Хъессатæй, цæмæн рахуыдта? Науæд кæддæры зыкдгонд нартхорыкуыстгæнæг Шанаты Хадзымырзæ Шанайтæй цæ- мæн фæцнс? Æмæ ма уый фæуæд, ирон адæм кæрæдзшшæ бафидау- дзысты. Фæлæ нæ а! æдæгæлон адæ^мимæ дæр хъаугъайы куы æппа- ры! Дунейы историмæ цы нæмттæ бацыд, уыдон дæр куынæ зоны æмæ сæ куы кыкъкъуыхтæ кодта. Дафа æмæ Хадзымырзæйæн сæ мыггæг- тыл уæлда!! дамгъæгæ бафтыдта, Шарль де Голль æмæ Уннстон Чер- чилльæй та æппаргæ акодта фæйнæ «л»-ны. Дкоыккайты Шамил ын Елбыздыхъойыл цъыфкалд йæ цæстмæ бадардта æмæ афтæ зæгъы, уыды фыстыл йæ къух систа æщæ йæ дзæгъæлы æфхæры, зæгъгæ. Ома, дам, йæхæдæг йæхи тæригъæдтæ снста. Æнну ногæй цы зæгъын- мæ хъавыд æртæ паддзахады разамонджыты Тегераны конференцийы тыххæй? Иæхæдæг ын куы ницы бамбæрста, уæд искæмæн хабæрттæ кæныныл цы схæцыд? Мæнæ фыссы: «1942 азы антигитлерон коали- цийы разамонджытæ Сталнн, Рузвельт, Черчиль фембæлдысты Теге- раны»... Афтæмæй та уыды фембæлд 1943 азы кæрон уыдис. Раст цыма æппыикъаддæр хæстон хъуыддæгты ахуыргонд-уьшаф- фæгæнæг у, уыйау ныфсджын хъæлæсыуагæй ныхас кæныныл схæцыд Тсгераны фембæлды нысаниуæгыл, чи сæ куыд арæхст — нæ арæхст «коалицийы разамонджытæй», уыдæттыл: «...æз цас æмбарын, уымæ гæсгæ уыцы разамонджытимæ ныхас кæнгæйæ, уыдоны сусæг фæндтыл хъуыды кæнгæйæ-иу Сталин кæддæриддæр йæхи равдыста зонддноы- нæй». Æххæст ма дзы загътаид: «Маладец, Сталин!.. Раст мæхи хуьь зæн зондджын æмæ хъæбатыр уыдтæ». 112
Нæ фыссæг «цас æмбары», уымæ гæсгæ Тегераны фембæлдысты «антигитлерон коалицийы разамонджытæ Сталин, Рузвельт, Черчиль». -Æцæгдзинадæй та уыдон уыдысты æрмæст æртæ цаддзахады разамон- джытæ. Коалицийæи кæд йæ бындур Советон Цæдис, Амырык æмæ Великобритани уыдысты, уæддæр дзы Тегераны фембæлды бонмæ архайдтой Франц, Китай, Польшæ, Чехословакн, Югослави, Австрали, Бсльги, Мангол, Колумбн, Чили, Бразили, Мексикæ æмæ бирæ æндæр бæстæтæ. Афтæ дæр æппæлы йæхицæй, бирæ чингуытæ бакаст, зæгъгæ. Фæлæ уый сæйраг хъуыддаг нæу. Цы кæсыс, уый хъуамæ æмбаргæ кæнай. Уæддæр, «мысинæгтæ» ныффыссæг æппын ницæмæ арæхсы, зæгъ- гæ, уый раст нæу. Иттæг хорз арæхсы, политикон дымгæ чердыгæй æрбадымы, йæ фындз уыцырдæм фæцаразынмæ. Мæнæ куыд зæгъы газет «Правда»-йы раздæры сæйраг редактор Ильичевæй. Ныхас, дам*, кодта «фæлмæн æвзагæй æмæ цыди адæй- маджы зæрдæглæ... Стæй уæд партийы XX съезды куы раныхас кодта Сталины ныхмæ, Хрущевæй та æппæлын куы райдыдта, уæд æм фæхæ- рам дæн». Уымæй размæ та «æмбал Сталин», зæгъгæ дæр зæгъы .Æгъуызары-фырт. Ома Сталины чи уарзы, уыдоны зæрдæтæ балхæны- ны охыл. Фæлæ йын цас «æмбал» уыдис Сталин, стæй дыдзæсгом кæй у нæ «мысннæгтæ» фыссæг, уьщæн иу æвдисæн æрхæссон. Æгъуыза- ры-фырт уæд куыста Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады ко- митеты сæрдарæй. Вагæттæцалцæггæнæн заводæн цыдæр бæрæгбон уыдис æмæ уый фæдыл телеуынынады редактор бацæттæ кодта рав- дыст. Бахастой йæм, кæддæр Киров цы ныхас ракодта, уымæй дæр лу скъуыддзаг. Куы ауагътой равдыст, уæд режиссер Цхуырбаты Азæ пленкæ афоныл нæ баурæдта æмаэ дзы Кировы ныхæстæй, чи хъуыдис, уымæй уæлдай аирвæзт: «...этому учил нас Ленин, этому учит нас партия, этому учит нас товарищ Сталин». Æхсар дын уый айхъуыста, цы! Йæ быны дон бацыд, партийы об- комæй фæтарст, куы йæ бафхæрой, зæгъгæ, сылгоймаджы йæ куыстæй систа, стыр маст ын скодта, фæкæуын æй кодта. Æрмæстдæр Сталины ном кæй райхъуыст, уый тыххæй. Азæ тæрхондонмæ балæвæрдта, йæ куысты йæ сæвæрдтой... Афтæмæй , пайда кæм вæййы Æгъуызары- фыртæн, уым æмбал хоны Сталины. «Рæстзæрдæ», «ныфсхаст», «æргомзæрдæ» Æхсарбег Хъулаты Хъуыбадыйыл дæр хахуыртæ фæкодта, йæ куыстæй йæ исгæ кæнынц Хъуыбадыйы, обкомы фыццаг секретарь нал уыдзæн, уый куы базыдта, уæд. Ныр йæхи сраст кæныныл арханы, нæ дам мæ фæндыд, фæлæ мын ЦК-йы кусджытæ бабар кодтой. Æмæ кæд адæттæ рæстзæрдæ, æргомныхас, æнæхин, ныфсджын, ахуыргонд, бирæзонаг адæймаджы миниуджытæ сты (йæхи та ахæмæй равдисыныл архайы), уæд ма дыдзæсгом, тæппуд, саузæрдæ, къуымых, æнæфенд, фæстæзад, æнæуæздан æмæ æнахуыргонд та цавæр вæййы? 113
Ома, зонгæ кæй ницы кæны, уый йæхи аххос нæу: «Хуыцау алкæ- мæн нæ дæтты хъæздыг зонд. Фæлæ Ирыстон сæрыстыр кæмæй уыды- сты, уыцы мард адæмыл цъыф кæй калы, уый та у æрмæстдæр йэ& удыхъæды ннцæйаджы аххос. Иу хатт санаторимæ ацыд æмæ, дам, мын дохтыр афтæ зæгъы, хорз уаид, дæ миндалинтæ дын ралыг кæн, уæд. Мæнмæ гæсгæ та æмбаргæ нæ бакодта дохтыры дæр. «Миндалинтæ» нæ хуыйнынц, фæлæ «миндалинæтæ». Уыцы дохтырæй (йæ мыггаг ын Атаева хоны) дæр та разыйæ нæ баззад Æхсарбгг, фауы йæ. Кæм бады, кæм иæ бады — йæ «мысинæгты» арæх зæгъы, мæ ни- зæй, дам, абон-райсом кодтон. Æйæ уымæй кæд æцæгдæр тæссаг уыдис, уæд æрмæстдæр йæхи удæн. Фæлæ йæм уымæй уæлдай цы низ ис, уый та гæбæрау, хъылмайау тæссаг у, æмгæрон æм чи бацæуа, уыдо- нæн. Хахуыртæ кæнын у, нæ фыссæг тынг кæмæй сæйы, уыцы тæссаг ннз. Цæмæн æй бахъуыд, цымæ, дæсгай азты размæ Алагиры райкомьг фыццаг секретарæй чи куыста, йæ хицау чи уыдис, уыцы лæг — Къо- доты Валентины фыдгой кæнын? Расыггæнаг, дам, уыдис: «Валентин та банозтджын æщæ ма кæугæ дæр скодта». «Æз ссыдтæн Валентиньт кабинетмæ. Уый пъолыл дæргъæй хуыссыди». Расыггæнаг хоны, раджы чи амард, йæ уыцы æрвад æмæ æмкусæг Æгъуызарты Гесргийы дæр. Æз куыстон Георгиимæ, иу уаты бадтыстæм. Уыдис хæларзæрдæ, уарзон хистæр, стæй æрмæст мæнæн нæ. Уæдæ журналист дæр хорз уыдис. Нуазгæ кодта, фæлæ йæ фауæг æрвадау йе’взагæй марг нæ тагъдис, нæ нозты аххосæй хахуыр никæуыл бакодта. Стæй нозт дæр> Хуыцау лæгтæн скодта... Куыстон, Æгъуызары-фырт, «Рæстдзинадмæ» æрбацæугæйæ, «фæл- варæн» кæмæн скодта, ницы зыдтой, зæгъгæ, кæмæй зæгъы, уыдонæй’ иу — Мыстулаты Дзантемыримæ дæр. Йæ зонындзинæдтæм гæсгæ йæ схонæн уыдис удæгас энциклопеди, удыхъæдмæ гæсгæ та сыгъдæгзæр- дæ. Æгъуызарты Æхсарбегæн лекцитæ куы фæкастаид, уæд не «стыр фыссæг», чи зоны, æцæг исты мысинæгтæ ныффыстаид ацы сæнтты бæсты. Куыстон Гапбаты Иванимæ дæр. Рухсаг уæнт се’ ппæт дæр. Æхсар- бег сæ кой кæнынц æмæ лæгæн кæмдæр хъыи у, иу иннæйы, ноджы ма марды фыдгой куы фæкæны, уæд. Иван, мæнмæ гæсгæ, уыдис Ирыстоны кадджындæр, æгъдауджын- дæр адæймæгтæй иу. Уæдæ куыд кусæг, разамонæг, афтæ дæр иттæг арæхстджын. Æхсарбег та дзы зæгъы: «...Уый уæдмæ культурæйы ми~ нистрæй баивтой уырдæм. (Министрты Советы сæрдары хæдивæг ссис фæстæдæр Иван — М. М.). Æмæ бюрократ цы у, æцæг бюрократ, уый уæд мæхи сæрыл бавзæрстон». Хрущевау Æгъуызарты Æхсарбег дæр «хъæбатыр тох» систа, сæ цардæгасæй йæ аууонæй дæр стъæлфгæ кæмæн кодта, уыцы мæрдтьг — Ирыстоны кадджындæр, зындгонддæр адæймæгты ныхмæ, цъыфæй 114
ахоры, кæимæ куыста, уыдоны се ’ппæты дæр, иу цалдæр йæхи хуыэæ- нæй фæстæмæ. Байхъуеæм ма йæм: «Пленумы доклад кодта Мннистр- ты Советы уæды сæрдар Баскаты Дзамболат. Кодта, зæгъгæ, уый ба- касти, кæй йын ныффыстой, уыцы доклад. Прениты радзырдтой бирæ- тæ. Мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, мæрдты рухсаг уæнт, уæды МВД-йы: мйнистр Мамнты Моисейы æмæ Министры Созеты сæрдары хæдивæг Чъерджиаты Хазбийы раныхæстæ. Битеты Степан... дæр, æндæр кæй^ дæртау,- гуымыдза æвзагæй дзырдта Хъуыбадыйы ныхмæ». «Харитон. ацыди педагогон институтмæ. Йæ бæсты нысангонд æрцыди наукæты кандидат, педагогон институты дирзктор Цыбырты Христофор... Уыд гуъшыдзагонд, йæ ныхас ады хатт æхсæдын кæ зыдта... литературæ æмæ аивадмæ, зæгъæн ис, уыд бынтон къуьщых». «Рæстдзинад»-æн фæстæмæ редактор сси Челæхсаты Аслæнджери æмæ та газет йæ рагон гаччы сбадти». Ома — хъуыды йæ кæнут? — кæддæр æй Æгъуы- зары-фырт «йæ къахыл слæууын кодта», фæлæ та ныр заууатмæ æр- цыд... «Зæгъыи ма мæ фæнды Æгкацы-фырты тыххæй. Иронау афтæ кæмæй фæзæгъынц сæрæн, кусаг æмæ йæ иыхасæн хицау у, зæгъгæ,, ахæм адæймаг уыди. Ирои цард, ирон æгъдæуттæ æмбæрста. Æрмæст ыи нæ фаг кодта иум^æйаг культурæ... тарæрфыгæй гуымыдзахуызы сдзырдта». Сæ фыдгой кæны Чехойты Журийæн, Черчесты Георгийæн, Борис Субботинæн, Лекты Нинæйæн, Антонина Мельниковайæн, Гусалты Бар- исæн, Икъоты Юрийæн, Дзасохты Музаферæн, Айларты Измаилæн, Токаты Асæхæн, Дзатцзты Тамарæйæн, Петр Сазыкинæн, Хъайтыхъты Ленæйæн, Гокъоты Хадзымуратæн — се ’ппæты чи нымайы... Суакг,. дам, ма Назым Хикметы дæр «йæ бынаты сæвæрдтон», «æрцыдтæн ыл», уырыссаг адæмæн аккаг аргъ кæй нæ кодта, уый тыххæй. Ахæм «сыгъдæгзæрдæ», «рæстдзинадыл тохгæнæг» у Æгъуызары- фырт. Æмæ сагъæс кæны: «Иудзырдæй, мæхи бадомдтон, мæхи удхарæй фæмардтон». Стæй: «Цæсгом... Æгæр зын у ууыл дзурын». Мæнмæ гæсгæ, йе’ппæт «мысинæгтæй» уый у иунæг рæстдзинад. Уæддæр, дæ хорзæхæй, суазалæй дæхи хъахъæн, Æхсарбег! Хуыцау бахизæд, фæлæ суазал дæ æмæ æрæхснырстай, уæд дæ алыфарс чидæ- риддæр фæуа, уыдон дæ марджы пырхæнтæй цагъды фæуыдзысты. Гъæй-джиди, «партизан» уæвгæйæ искуы немыцы æфсæдты размæ куы бабадтаис æмæ сыл куы æрæхснырстаис! Æппынкъаддæр дзы ну ба- тальон ныццагътаис. Сæ противогазтæ дæр сæ нал фервæзын кодтанккой. Ирыстоны Хъæбатыртæ та нырæй иу фылдæр уыдаиккой... Хъазт хъазт у, Æхсар, фæлæ ма уагæр ис,тытæ куы зонис: йе ис- тори, йе хæстон хъуыдддæгтæ, йе литературæ, йе уырыссаг кæнæ ирон æвзаг. Уагæр уæд цытæ бакодтаис адæмæн! Зæгъæм, мæнæ дын «гуы- мыдза» тынг уарзон ныхас фæци æмæ дзы бирæтæн уайдзæф кæныс, цы амоны, уый нæ зонгæйæ: «...инæлар Калининский уыдис схъæлсæр æмæ гуымыдза», «Битеты Степан... гумыдза æвзагæй дзырдта», «Джыккайты Шамил... мæнæн гуымыдза хуызы уайдзæфтæ кæны», 115
«Цыбырты Христофор уыд гуымыдзагонд», «Æгкацы-фырт мæм гуы- мыдза хуызы сдзырдта», «Николай Месяцев бакастæй уыд гуымыдза- хуыз». Гуымыдза иронау у, сыкъатæ кæмæн нæй, уый. Цæрæгойтæн сæ иутæ гуымыдза сты, иннæтæ — сыкъаджынтæ. Æртыккаг хуыз дзы нæй. Гъемæ алкæмæн уайдзæфы, æфхæрды хуызы кæй зæгъыс, уыцы номæй, ай-гъай, дæхи нæ хоныс. Æмæ уæд кæцытæй дæ? Уый куы зæгъай, уæд дæ иннæ хъуыддæгтыл дæр аныхас кæндзыстæм. Абон уал æгъгъæд фæуæд. РЕДАКЦИИÆ. Ацы æрмæг нæм дзæвгар рæстæг фæлæууыд — цæ- мæн, уый хъуамæ æмбæрст уа. Стæй йæ бахсæстам, махмæ гæсгæ дзы æргом æфхæрæн ныхæстæ цы уыд, уыдон ын аппæрстам. Фæлæ Мурат немæ не сразы. Æмæ уый йæ бар у. Æхсарбеджы мЬлсинæгтæм дæр уый охыл нæ бавнæлдтам. Цыбыр дзырдæй, Мамсыры-фырты, зæгъинæгтæ чысыл ивддзинæдтæ йеддæмæ нæ баййæфтой. Нæхирдыгæй ма æрмæст иу хъуыддаг бафип- паинаг стæм: дзырд йæ зæгъæг-ныффыссæгæн дæр нæ бары, комдзог ын рацæуы йæ зондахаст æмæ удыхъæдыл. Фæстаг тæрхонхæссæг та кæддæриддæр сты адæм. Журиалы цъары фыццаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм фæрстыл сты Агънианы иывæф- тыдтæ, дыккаг фарсыл ис йæхи къам. 116