Текст
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
РЕСПУБЛИКИ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор —
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
Владикавказ 1999


_5_ '99 Журнал цæуын райдыдта 1934азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - Редколлеги: Техн. редактор Корректор - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ секр.) Дзæуджыхъæу 1999
л «МАХ ДУГ»: 65 АЗЫ РАЗНЫХАС Ацы аз майы "Мах дуг" сæмбæлд йæ 65-æм уалдзæгыл. Куыдæй йыл сæмбæлд, ууыл нæ дзурдзыстæм — æгайтма сæрæгас у. Иннæ цинаджы хабар та: февралы рацыд йæ 700-æм чиныг. Фондз æмæ æртиссæдз азы дæр фаг куыд не сты, цæмæй дæ ивгъ- уыдмæ бæрнон, æппæтуынæг цæстæй акæсай, уымæн. Уæдæ мах дæр афæлгæсыдыстæм æппæт жанрты фыст уацмыстыл дæр, уал æмæ уал азы исбоныл, æмæ дзы цы равзæрстам, уыдонæй сарæзтам ацы но- мыр. Ныхкъуырд, ныхдзæф литературæ! Партион хъуыдытæ-идеятæй уыд иттæг рæвдз, ифтонг, аивад та йыл-иу фæтæргай, дард-иу дзы фæлыгъ- ди. Фылдæр хатт. Æмæ æппæты разæй адæймаг фæтæригъæд кæны, аив дзырды æцæг ад чи ’мбæрста æмæ сфæлдыстадон сæрибармæ чи тырныдта, уыцы фысджытæн, журналы уыцы кусджытæн. Идеологийы хъадамантимæ дæ, аив дзырды удмарæн уавæрты дæ зондджын чиныгкæсæгимæ дзу- рын хъæуæд! Æмæ цæуыл нæ сæмбæлдзынæ журналы фæрстыл: вульгарон-со- циологон, цардæнадгæнæн критикæ; политикон ардауæнтæ- дзырдхæссæнтæ; партион бæрзонд трибунæйæ амындтытæ, куыд, кæд æмæ кæуыл-цæуыл фыссын æмбæлы, уый тыххæй: лакировкæйы ди- дитæ-бибитæ; æрымысгæ царды æрымысгæ цæрджытæ — уацмысы æнæтуг персонажтæ!.. Æмæ, дам, цæуылнæ кæсынц ирон адæм ирон чингуытæ-журналтæ-газеттæ, нæ мадæлон æвзагыл, дам, цæмæн бы- лысчъил кæнæм!.. Фæлæ уæддæр æнæбасæттон курдиат йæхионтæ кодта, æмæ-иу исты æрдзон фæзынд, кæнæ æнæпартион темæйыл куы фыста, уæд-иу аив дзырд æдзæлгъæд нал уыд, удæгас хуыз-иу райста... Ацы номырæн уацмыстæ ’взаргæйæ нæ сæйрагдæр домæн уыди дзырды аивады домæн, стæй журналы гуырахст дæр нæ зæрдыл дард- там. Уымæ гæсгæ фылдæр æргом аздæхтам 1934-1970 азты номыртæм. Фæстаг фынддæс — ссæдз азты фæллой та барæй нæ "балуæрстам" —’ æндæр кадгæнæн бонмæ уал рæстæджы æвджид уæд. 4 Редакци
V КОЦОЙТЫАрсен "ФЫДБЫЛЫЗ" атырбеджы хъуыддаг хорз ацыди. Компани уарзаг уыди æмæ-иу иунæгæй куы аззади, уæд цы ракод- таид, уый нæ зыдта. Фылдæр рæстæг æм хъуамæ исчи цардаид, исчи æнæфатер, æнæбынат, æнæхца адæмæй, æмæ-иу ын уыдон хæссинаг уыдысты, — афтæмæй йæхæдæг лæуд уыди чысыл бынаты, реалон скъолайы надзирателы бы- наты æмæ мызд иста æрмæст æхсæз туманы. Ныртæккæ йæм ничи уыди æмæ тынг хъыг кодта. Æрæгмæ сыстади Батырбег ацы хуыцаубоны йæ хуыссæнæй. Тагъд дæр кæдæм кодтаид, — кусынмæ йæ цæуын нæ хъуыди абон. Иннæ бонты баст уыди службæйы, фæлæ абон сæрибар адæймаг у. Сыстади, йæхи цæхсадта, æддаг хæдон акодта, æфцæггот ыл æрфидар кодта æмæ галстук бæтты. Къуырцц... Къуырцц... Къуырцц... Чидæр дуар æрбахоста. — Чи дæ уый? Мидæмæ! Дуар байгом ис. Йæ иу къухы — чумæдан, иннæйы—хуыссæнты баст, афтæмæй базынди ныллæггомау саурихи лæг, — цыдаид ыл 30 азы бæрц. Уазæг йе стыр сау цæстытæй алырдæм адзагъултæ кодта, æнæдзургæйæ чумæдан æрæвæрдта уаты рахизырдыгæй къуымы, хуыссæнты баст ын йæ уæлæ æрæппæрста. — Гъе ныр дæ райсом хорз æрбауæд, Батырбег! — Гъе ныр хорз æмæ æгас цу, Къоста! Кæцæй фæдæ? — Раст кæцæй рацыдтæн, уырдыгæй. — Æмæ уæддæр? — Æмæ уæддæр нæ зоныс, кæм цардтæн, уый? —* Зонын, фæлæ цæмæн рацыдтæ? Уазæг æрбадти æртæкъахыг венаг бандоныл. Венаг бандонæн 5
вæййы цыппар къахы, фæлæ ацы бандонæн йæ иу къах йæ уæлæ нал уыди, цы фæци, уый Батырбег йæхæдæг дæр нæ зыдта, стæй ма йæ уазæг кæцæй базона! Æрбадти уазæг уыцы бандо- ныл, — иннæтæ ноджы фыддæр уыдысты, — кæмæн дзы бын нæ уыди, кæмæн чъылдым, — æрбадти æмæ йæ иу къах зулмæ сарæзта, куыд нæ афæлдæха, афтæ. — Цæмæн рацыдтæ, зæгъыс? Дзуапп раттын зын у уыцы фарстæн. Мæ фысымтæй рафæлмæцыдтæн... Æдзух — "æри æхца... æри æхца!" Мæнмæ та æхца нæй. Ацы фæстаг рæстæджы тынг æнæхца сдæн, æмæ, уымæ гæсгæ, зын зæгъæн у, æз мæ фысымтæй рафæлмæцыдтæн æви фысымтæ мæнæй рафæлмæ- цыдысты. Иу дзырдæй, нæ характертæ иухуызон нæ разынды- сты. Уыдон фатеры мызд агурынц, мæнмæ та мызд бафидынæн æхца нæй... Æмæ уал мæнæ дæумæ æрфысым кæнон... Цы дын зæгъын, уый зоныс? Знон райсомæй нырмæ мæ дзыхы хойра- джы мыггагæй ницы уыди. Цай ацæттæ кæн, æмæ дæм кæд кæрдзын ис, уæд уыимæ ахуыппытæ кæнон. Батырбег галстук абæттынмæ дæсны уыди, фæлæ ацы хатт нал арæхсти, ныр дæр ма йæ баст нæма фæци. Къостайы æрба- цыд... Хетæгкаты Къостайы æрбацыд ын æхсызгон уыди. Ныр иунæгæй хъыг нал кæндзæн, йæ рæстæг дзæбæх æрвитдзæн... Номдзыд Къоста — поэт, нывгæгæг, — кæм æмдзæвгæтæ кæсдзæн, кæм нывтæ фысдзæн. Батырбег йæ галстук баст фæци æмæ загъта: — Кæй æрбацыдтæ, уый хорз. Мæнæ дын уат, цас дæ фæнды, уыйас дзы цæр. Цай æз ныртæккæ ацæттæ кæндзынæн... Чысыл самовар стъолыл сыр-сыр кодта. Йæ тæф уæлæмæ бырста æмæ фæйнæрдæм хæлиу кодта. Батырбег дыууæ агуыв- зæйы æрæвæрдта сæмовары къраны раз. Къран баздухынмæ куыддæр бавнæлдта, афтæ дуар бахостæуыди. — Мидæмæ! — сдзырдта Къоста. Дуар байгом ис. Иу къухы — чыргъæд, иннæйы — хуыссæн- ты баст, афтæмæй бацыдис уатмæ иу 27-аздзыд лæг, саулагъз, схъæлфындз, йæ зачъе даст, рихитæ цыбыр æлвыд. Æрæвæрдта уаты астæу йæ дзауматæ, систа йæ худ галиу къухæй, йæ дзыппæй рахиз къухæй сласта къухты кæлмæрзæн æмæ йæ худ сæрфы цæсгомæй, сæрæй, бæрзæйæ. — Бафæлладтæн... О, хæдæгай, уæ райсомтæ уал хорз уæнт... Курскаг слабодкæйæ ардæм афтидæй фæцæуын дæр зын у, ам та уыйас дзауматимæ! Файтон аххуырсон, зæгъгæ, æмæ, дам, дыууæ абазийы. Мæ дзыппы та фондз суарийы йеддæмæ æхца нæй... Къоста та ам цы ми кæны? 6
— Куыд дæм кæсын, афтæмæй раст ды цы ми кæнынмæ фæцыдтæ ардæм Слабодкæйæ, æз дæр уыцы ми кæнынмæ æрба- цыдтæн абон, — загъта Къоста. ’ "Хуымæтæджы нæ фæзынди, æвæццæгæн, маргъау сбæгънæг ис, — йæхинымæры хъуыды кодта Къоста. Æнæзонгæ нæ уыди адæймаг Къостайæн, хæлар дæр ма уыдысты. — Фæлæ йыл цы ’рцыди? Йе ’фсымæр облæстон газеты редактор куы у, æхца бирæ куы исы..." — Цы æнæбары бон дыл æркодта, æмæ уырдыгæй ардæм ахæм уаргъ фæхæссай? — бафарста Къоста. — Æнæбары бон, зæгъыс? Уымæ гæсгæ у, æвæццæгæн. Ме ’фсымæримæ фæхыл дæн. Алывыд ын фæкалдтон æмæ ра- цыдтæн. Стыр бынаты ис æмæ иннæ адæмы æппын ницæуыл нымайы. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд мын ды дæр æмбалæн бæззыс. Къордæй иумæ стонгæй мæлын æнцондæр у. — Æввонгхортæ-йедтæ мын фæдзырдта æмæ йын æз дæр хорз фæдæн. Йæ зæрдыл бадардзæн мæ дзæбæх ныхæстæ... Фæлæ, Къоста, ды та кæцæй æрбахаудтæ ардæм? Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ дыууæ уыдзыстæм, æз æмæ Батырбег æмæ, загътон, истæмæйты цæрдзыстæм... Ныр... Батырбег бахудти. — Ма тæрс, Иван Абрамыч, дыууæйæн цас хъæуы, æртæйæн дæр уымæй фылдæр нæ хъæуы! Вертепов, афтæ уыди дыккаг уазæгæн йæ мыггаг, йæ пъалто раласта æмæ йæ иннæ дзауматыл баппæрста. — Оф-оф-оф! — загъта æмæ æрбадти йæ чыргъæдыл. Йæ хид асæрфта. — Бафæлладтæн (фæкомкоммæ ис самовармæ)... æркæнут- ма! Æз дыккаг бон, цай цы у, уый куы ферох кодтон. Иван Вертеповы сæры стыр хъуыдытæ уыди, дардыл фæндтæ кодта. Зарынмæ дæсны, — йæ хъæдабæйау фæлмæн баритонæй- иу куы зарыди, уæд бирæтæ дзырдтой, цы ми кæны ам, Италийы дæр, зæгъгæ, карьерæ куы скæнид! Иннæмæй та уый уыди дис- саджы актер, фæлæ — йæ хъысмæт афтæ уыди æви йæ цæсгомы конд хорз нæ рауади — театрмæ йæ æмгæрон дæр нæ уагътой. — Фæлæууæнт, æз сын фенын кæндзынæн! — афтæ-иу æртхъирæн кодта. Æртхъирæн кодта, фæлæ уал ныр йæ гуыбын афтидæй хаста. — Æркæнут цай! Рæхджы, рæхджы мæ хъуыддаг фæуæла- хиз уыдзæн, æмæ уæд сæн æмæ физонæг нæ разæй цух нал кæндзысты. 7
Кадиты Батырбег, мидбылты худгæйæ, иу къуымæй иннæмæ’ рацу-бацу кодта. Æрлæууыди æмæ сдзырдта: — Дунейы стырдæр адæймæгтæй цыппар баиу сты. — Иннæтæ йæм, дис кæнгæйæ, бакастысты. \ — Цыппар стæм бæлвырд, — загъта Батырбег. — Стыр поэт’ æмæ нывгæнæг Къоста, стыр артист Вертепов, стыр æнæкъона интеллигент Тушманов æмæ реалон скъолайы стыр надзира- тель Кадиты Батырбег, — уый дæр сымах сыхагдзинады руа-1 джы сыстыр ис. — Мах стæм, фæлæ Тушманов та кæм ис? — Ардæм æй хъæуы. Знон мын загъта, фатер, дам, мын нæй, æмæ цалынмæ мæ хъуыддæгтæ рæвдз кæной, уалынмæ уал дæумæ æрцæрон. Мæнæн æхсызгон уыди, иунæгæй сфæлмæцыдтæн, фæлæ ныр мæ хъуыддаг иууыл хорз рауадис, — цыппар баистæм. Æртæ лæджы сæ тæккæ цай цымыныл уыдысты, афтæ Туш- манов дæр æрбахæццæ ис, йæ къухы баз æмæ хъæццул синагæй бастæй. — Байрæджы кодтай, — сдзырдта йæм Батырбег, — уыныс? Хуыздæр къуымтæ ахст фесты. Тушмановæн хъыг уыди, иннæ дыууæ уазæджы ам кæй фе- гуырдысты, уый.' Хæлæрттæ уыдысты, фæлæ дзы ардæм цæугæйæ, цæрыны тыххæй цы ныфс уыди, уый фæкъаддæр ис, ныфс дзы афтæ уыди, æмæ хъуаг бонты Батырбегæй истаид æфстау æхца. Нырма уый кæм ис — уал æгуыст адæймаджы фаг кæцæй уыдзæн Батырбеджы мызд! — Мæнæн уæлдай нæу, — загъта Тушманов, — æз дзы бирæ нæ фæцæрдзынæн. А дыууæ боны мæ хъуыддæгтæ срæвдз уы- дзысты æмæ уæд — хæрзбон! — Мæнæ уын уат, цас уæ фæнды, уыйас дзы цæрут! — загъ- та Батырбег, агуывзæты цай кæнгæйæ, — фæлæ хæлцы тыххæй æппындæр мæнмæ æнхъæлмæ ма кæсут. Æхсæз туманы исын æмæ мæхи фаг дæр не сты. Мæнæ уын самовар, агуывзæтæ, аг дæр ис, фæлæ тæбæгътæ æмæ уидгуытæ фаг нæй. Ссарут уæхæдæг! Дон — дæлæ будкæйы, хæсдзыстæм радыгай... Хъу- сут! Уыцы минутыл ныццавта Ирыхъæуы аргъуаны дзæнгæрæг сихоры аргъуыдмæ. — Хъусут? Музыкæ дæр нæм ис. Хуыздæр нæм хъуыса, зæгъгæ, уæд-иу рудзынгтæ байгом кæнут... Æртæ уазæджы ныр уазджытæ нал уыдысты, фатер уыдон баци, сæ бон, се ’хсæв уым æрвыстой. Рæстæгæй-рæстæгмæ 8
куы сæ иу, куы иннæ цыдис г орæтмæ, æртхъирæн кæнгæйæ: — Фæлæуут, мæнæ æз мæ хъуыддаг ахицæн кæнон, стæй уæд хъæздыг цард кæнын байдайдзыстæм! Фæлæ уыцы æвзæр рæстæджы сæ иу дæр нæ хæст кодта куыстыл. Сæ иуæн дæр йæ хъуыддаг нæ рæстмæ кодта. Къоста фыста нывтæ, фæлæ сæ æлхæнæг нæ уыди. Искуы дзы иу фæуæй уыда- ид, иу къорд сомтæ дзы райстаиккой æмæ сæ-иу уыцы бон ахордтой. Се ’ппæтæй ныфсджындæр уыди Вертепов. "Гайда- мактæ" йæ дзыхæй нæ цух кодта. Уый арæзта украинаг труппæ, фæстæдæр ын æнтысгæ дæр бакодта. Труппæ "Гайдамакты" ном æгас Уæрæсейыл айхъуысти. Фæлæ уал абон уыцы фæндтæй йæ дзыпмæ ницы хаудта æмæ уал æнхъæлмæ касти, кæд, зæгъгæ, иннæ æмбæлттæй исчи исты самал кæнид. Нæй, иннæ æмбæлттæ дæр амалæй тыхджын нæ уыдысты. Къостайы амæлттæ зынд- гонд уыдысты. Тушмановы амæлттæ та уыдысты афтæ, æмæ æдзух митæй мæсгуытæ амадта, — абон-иу цы мæсыг самадта, уый-иу райсом атади. Цъиуы лæппынтæ ахстоны мидæг сæ мады фæзындмæ æнхъæлмæ куы кæсой, афтæ-иу æртæ лæджы æнхъæлмæ кас- тысты Батырбеджы фæзындмæ. Уый таучел адæимаг уыди, кæд фыццаг бартъхъирæн кодта, хæлцы тыххæй мæнмæ æнхъæлмæ ма кæсут, зæгъгæ, уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууыди, цы мызд иста, уый цыппар адæймагыл æмхуызон хардзгонд цыди. Фæлæ цас фаг уыдаиккой æхсæз туманы? Æртæ уазæджы дæр, сæ бон цы уыди, уый кодтой. Сæ бон та уый уыди, æмæ сæ уæлдай дзауматæ уæй кодтой толкучкæйы. Дыккаг хæлаф, дыккаг хæдон, дыккаг æндæр исты дзаума никæмæуал баззади. Æрцы- ди ахæм рæстæг дæр, æмæ цыппар адæймагæн æппындæр бах- æринаг ницыуал уыди. Къорд бонты дæргъы афтид кæрдзыны къæбæр мондагæй агуырдтой. Хуыз сæ нал уыди^ сæ рустæ бахаудтой, уатæй æддæмæ нал цыдысты, сæ мæгуырдзинад сын куыд ничи уыдтаид, уый тыххæй, фæлæ сæ искæмæн æдзæугæ нал ис, зæгъгæ, кæртмæ кæнæ æндæр искуыдæм, уæд хъуамæ райстаид спичкæйы хъæд æмæ цыдаид йæ дæндæгтæ схъаугæ. Фыццаджыдæр афтæ бакодта Къоста æмæ иннæтæн дæр загъ- та, зæгъгæ, афтæ хуыздæр у. Хуыздæр та уый тыххæй хуыдтой афтæ, цæмæй хæдзары хицау Петухова ма базона, маргъау бæгънæг кæй сты, уый. Батырбег мæйы бæрц фатеры мызд нæ бафыста, цы иста, уый уазджытыл хардзгонд цыди. Петухова йæ нæ тыхсын кодта, фæлæ йæм æхца нæй, уый базыдта, зæгъгæ, Уæд асурыныл дæр нæ бацауæрстаид. Тæккæ æрæджы фатеры Цæрæджы афтæмæй фæсырдта. 9
Уыцы Петухова, хуыдтой йæ Петушихæ, царди къæридоры кæрон иунæгæй. Хуыдтой йæ хъæздыг. Сыхбæсты зындгонд уыди, уый æхца пайдайыл кæй лæвæрдта. Фатеры йæм чи цар- ди, уыдонмæ хæстæг нæ цыди, фатеры мызд сæ систа, уый- йеддæмæ семæ нывыл ныхас дæр нæ кодта. Иу бур гæды йæм уыди, æмæ йæ ныхас, йæ хъазт, йæ цин — иууылдæр уыимæ. Иу бон Батырбег ссыди йæ службæйæ. Уаты дуары хъист куы фæцыди, уæд æртæ "уазæджы" сæ хуыссæнтæй сæ сæртæ схъил кодтой æмæ сæ æмхуызонæй фæстæмæ æруагътой. Иннæ хæттыты-иу Бытырбег чысыл исты хæринаг уæддæр æрбахаста йемæ. Фæлæ ацы хатт йæ къухты æппындæр ницы уыди, ноджы йæ цæстæнгасыл зынди, йæхæдæг дæр стонг кæй у. Ницы сдзырд- той æртæ лæджы Батырбегмæ. Ницы сæм сдзырдта Батырбег йæхæдæг дæр, афтæмæй йæ батинкæтæ æмæ йæ пинджак рала- ста æмæ æрхуыссыди йæ хуыссæны. — Йе-йех! — мæстыгæр уынæргъд ныккодта Къоста. Йæ къухты уыди чиныг, аппæрста йæ иуварс, аздæхта йæ цæсгом къулырдæм, йæ зæрды уыди фынæй кæнын... Фæлæ кæм уыди фынæй, — стонг адæймагæн йæ фынæй дæр фынæй нæу — афтæ удхары сæнттæ. Изæрдалынгтæ кæнын байдыдта, афтæ Къостайы хъустыл ауади хъус-хъусæй ныхас. Бирæ нæ ахаста ныхас, афтæмæй бамынæг ис. Къоста дзы ницы бамбæрста. Дис кодта — йе ’мбæлттæ йæ разы афтæ хъус-хъусæй никуы дзырдтой. Цы дзы æмбæхсынц, цымæ? Йæхи фынæй æфсон скодта, хуыр-хуыр кодта, фæлæ ныхасгæнæг нал уыди. Сахаты бæрц рацыдаид. Къоста хуыссы æнцад, хъуыдытæ кæны, чысылгай йæ хъуы- дытæ рæдзæ-мæдзæмæ здæхынц. Æвиппайды йын йæ сæры магъз ныццавта æнахуыр уынæр — цæйдæр сыф-сыф цæуы. Байхъуыс- та дзæбæхдæр — чидæр ссоныл кард цыргъ кæны, — афтæ æмбары Къоста уынæр. Уынæр фæсабыр вæййы хъус-хъус ны- хасы æхсæн æмæ та райдайы. — Бæлвырд, ме ’мбæлттæй чидæр кард цыргъ кæны, — загъ- та хинымæры Къоста. — Фæлæ цы хабар уа уæддæр?! Мацы фыдбылыз сфæнд кæнæнт. Артисттæ æмæ æндæртæ сты, фæлæ стонгæй мæлæг адæймаг... Ацы ран Къостайы сæры магъзы фегуырыди ахæм хъуыды, кæцы йæ æмризæджы сризын кодта. Чысыл ма бахъæуа, ма фæгæпп кæна йæ хуыссæнæй, фæлæ баурæдта йæхи, загъта хинымæры: — Бакæсон сæм æххæст. Марыны фæнд кæй скодтой, уый’ æцæг у, фæлæ сын хъуамæ ма бантыса! Нæ сæ бауадздзынæн! 10
Ныхас аскъуыди, ссоны сыф-сыф дæр нал хъуысы, уынджы уынæр дæр бамынæг ис. Горæты ацычкæрон раджы хуыссын ахуыр сты. Хуыссы Къоста, хуыр-хуыр кæны. Мæнæ та йæ хъустыл ауади цыдæр уынæр — уый уыди сындæг змæлды уынæр, уый фæстæ хъавгæ къахдзæфты уынæр. Уалынмæ дуар сындæг байгом чын- дæуыди æмæ йæ фæстæмæ сæхгæдæуыди. Къоста хуыссæны сындæг раздæхти иннæрдæм. Æртæ лæджы уаты нал уыдысты. Æртæ афтид хуыссæны цур лæууыдысты батинкæтæ. Цы йæ фæхъуыды кæнын хъуыди Къостайæн — йæ ’мбæлттæ барæй цыдысты афтид цъындаты, сæ къахдзæфты уынæр куыд нæ хъуыстаид, афтæ. Рабадти Къоста, йæ батинкæтæ тагъдгомау йæ къæхтыл ацавта æмæ, дуар æнцад байгом кæнгæйæ, рацыди тыргъмæ. Уым йе ’мбæлттæй ничи уыди. Мардзысты йæ, мар- дзысты йæ, зæгъгæ, талынг къæридоры бауади Петушихæйы фатеры дуарырдæм Дуар æхгæд. Йæ разы ничи ис Уæдæ цы фес- ты, цымæ? Рауади фæстæмæ æмæ цæуылдæр йæ къах скъуырдта... Арæзт уыди цармæ хизæн хуынкъмæ... А.. а... уæдæ, æвæццæгæн, цары фæйнæджытæ сисдзысты æмæ афтæмæй ныххиздзысты уыцы æнамонд зæронд усмæ. Тагъд-тагъд суади Къоста асиныл. Бакасти цары талынгмæ. Йæ хъустыл ауади: — Голлаг æри тагъд... — Уыцы дзырдимæ цары талынг бай- дзаг ис базырты пæр-пæрæй. Фыр джихæй Къоста йæ дзæх бахæлиу кодта, афтæмæй аз- зади иу минуты бæрц, стæй йæ дзыхыдзаг æхсызгон худт нык- кодта. Бамбæрста хъуыддаг: уыцы цар уыди дзæгъæл бæлæттæн æхсæвиуат... Къоста йæ худт куы фæурæдта, уæд æм райхъуы- сти Вертеповы ныхас. — Æнæрай скæн дæ худтæй! Худыны бæстæ цу æмæ нын арт акæн! Афтæ ахицæн ис уыцы "фыдбылыз". "Махдуг", 1935, № 3-4 11
МАЛИТИ Геуæрги КИЗГАЙИ ЗАР Тæходуй, æна, Маргъ ку фестинæ, Мæ унгæг къумæй Фæццæйтæхинæ. А дуйнетæбæл Æрцæйзелинæ, — Кæми ци дессаг, Уой басгаринæ... Тæходуй, æна, • Ацæмæзау дин Æз ку фестинæ Диссаг фæндургин. Хъазбеги цонгмæ Исцæйцæуинæ, Дессагон зартæ Æрцæйцæгъдинæ... Уæд йеугур дуйне Æримбурд уидæ, — Мæ цæгъдтæлтæмæ Æригъосидæ. Кæми ци седзæр, Кæми ци мæгур, — Бауарзионцæ Мæ дессаг фæндур... И фарни тунæ Æрфелауидæ, — 12
Уарзондзийнадæ Æрфедар уидæ. Уæд алли адæм, Уæд алли бæстæ Æркалионцæ Сæ тохæн гæрзтæ... Фал ку не ’уæндун Æз, мæгур кизгай, Ку нæ рохс кæнуй Мæ кизгон зæрДæ. И дуйней сæргъи И тугъдон мегътæ Æрцæйдарунцæ Сæ тогин тегътæ... "Мах дуг", 1934, № 2 13
^ъггв^р*'-"™"***-<..••-’—’ " --«--^««л^д^..^ НИГЕР ЫЗНОН ЦЫМА УЫД УЫЙ... Коцойты Арсены номы Ызнон цыма уыд уый... Æз хъазыдтæн сырх хъултæй, Фырæй-иу тæу фæцæйарæзтон хатгай, Æмæ-иу мын уæд ме ’мбæлттæ мæ къухтæй Мæ сырх хъултæ куы акъахтой, куы, радгай, Кæнæ-иу мæ мæ тæрттæй хорз ныууыгътой. Бæргæ-иу сæм хъæбæрдзыхæй ысдзырдтон, Фæлæ-иу мæ гъеуæд сæ быны ’ртыхтой. Æркуыдтон-иу, уæддæр хатыр нæ куырдтон, Хылгондæй-иу фæпырх ыстæм уæд уынджы, Дыууæ-иу нæ кæрæдзи фæдыл н ’ацыд; Кæс, æмæ алчи дæр йæхæдæг рыджы Йæхиимæ гæпп-гæпгæнгæйæ хъазы. Фæлæ йæ маст кæм хæссы сонтæн бирæ! Æхситт... къуыззитт... Æмæ та, кæс, æмбырдæй Кæл-кæл, чыр-чыр, æвзыгъдæй хъултæ уилæм... Фæци нæ хъазт... Æз ацыдтæн æмбылдæй... Ызнон цыма уыд уый... Æз хъазыдтæн фæдæгъдæй; Цыдтæн уæлгæс, хылдтæн уæлæмæ тигътæм, Ыстæн фыййау, зæйтæ-иу уагътон рæгътæй, Ыскъæрдтон дугъ чысбын лæбырдты сæгътæй, Ыстæй та-иу фæзарыдтæн фаг мигътæм. Ызнон цыма уыд уый... Фæлæ ныр кæс: мæ рустæ — Уырынгтæ, ’мпылд; æрæмбæрзта сæ халас; Мæ сæр — гæмæх, зæл нал ахсынц мæ хъустæ. Цы гæнæн и — ысхос мын кæн, цу, марадз. Мæ фæззæг мыл æрцыд, æрцыд æваст!.. 14
Цыбыр у цард — ыскаст æмæ ныккаст!.. Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар — Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллоиæ: Дæхи йæ цырынмæ, йæ арфмæ бахъар, Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ хызт фæсмонæй. Дæхи йын ратт, æмæ дын уый дæр ратдзæн Дæ бæсты фарн, дæ адæмæн йæ хорзæх, Мæрдон рæстæг уæлæуыл бонтыл бафтдзæн, Æмæ дæ цард сæдæ уыдзæни, хорзæй! ЗО.Х.1943аз «Мах дуг», 1947, № 2
ИЛАСÆрнигон ФÆЗМЫН ХОРЗ НÆУ кæнæ АХУЫРДÆКÆНЫН, науæд та — ДÆНДАДЖЫ ХОС Чысыл сабитæн цыбыр худæджы ныв. Ирон хæдзар. Æвзонг æфснаид сылгоймаг, бадгæйæ, цæимæ- дæрты архайы, йæ ми йæ къухæй нæ цух кæны. Кæронмæ дæр йæ куыст нæ уадзы Фæзмгæ кæны фæлмæн хъæлæсæй, хъазæ- гау. Ф ы р т (авдаздзыд лæппу, æрбацыд нæтгæ). Гъытт! Гъытт! М а д (ракаст лæппумæ, цæуыл нæты, уый фембæрста æмæ йæ сфæзмыдта). "Гъытт! Гъытт!" Ф ы р т (иудзæвгар джихауæй аззад). Нана, стонджы мын у! Гъытт-Гъытт! М а д (йæ куыст кæны, фæзмы та йæ). "Нана, стонджы мын у! Гъытт! Гъытт!" Ф ы.р т (æнæууæнк кæстытæ кæны йæ мадмæ). Дзул мæ хъæуы! Гъытт! Гъытт! М а д. "Дзул мæ хъæуы! «Гъытт! Гъытт!» Ф ы р т (тынг тыхсы). Нана! М а д. "Нана!" Ф ы р т. Гъæй! (Йæ мидбынаты йæхи батылдта). М а д. "Гъæй"! (Уый дæр йæхи базмæлын кодта). Ф ы р т. Æ~æ-æ-æ! (Йæ къæхтæ сцагъта). М а д "Æ-æ-æ-æ!" (Уый дæр йæ къæхтæ базмæлын кодта). Ф ы р т (кæугæйæ, тарст хъæлæсæй). Нана афтæ ма кæн! М а д. "Нана, афтæ ма кæн!" Ф ы р т (ныббогъ кодта æмæ йæ мады хъæбысы бадæлгом). М а д (лæппуйы сæр йæ уæрдлштыл æрæвæрдта æмæ йæ рæвдауы). Цæмæн дæ фæзмыдтон, уый дын зæгъон? Ф ы р т (йæ сæр систа, кæуындзастæй). Зæгъ! М а д. Хин кæй дæ, уый тыххæй. Фæзмын хорз нæу, фæлæ 16
хин митæ кæнын та ноджыдæр фыддæр у. Дæхи дарын нæ зо- нЫс æмæ дæ ахуыр кæнын. Нæтгæ цæмæн æрбацыдтæ?.Стонд- >кы дын у? Æрбацу æмæ зæгъ: "Нана, стонджы мын у æмæ мын дзул ратт". ф ы р т (дисауæи). А-а!.. Æмæ уæдæ, нана, исты куы курай, уæд кæуын нæ хъæуы? Мад. Нæ хъæуы. Цы кæнай, уый — æргомæй. Хин митæ нæ бæззынц. ф ы р т (фæхъæлдзæг, рог хъæлæсæй). Уæдæ мын, нана, стонджы у æмæ мын дзул ратт. М а д (бахудт æмæ сыстад). Уæ, нана дæ рынтæ бахæра! (Къæбицмæ бацыд). Ф ы р т (йæ фæдыл кæсы, кæуынвæнд акодта). Нана! Гъытт!.. (Æваст фæхъус). Куынæ... Æз, нана, кæугæ нæ кæнын... Уас- тырджистæн, нæ кæнын... (Хъæлдзæг хъæлæсæй, æдæрсгæ). Нана стонджы мын у æмæ мын уæдæ цыхт дæр ратдзынæ? М а д (къæбицæй рацыд, худы). Гъа, ай дын дзул, ай та дын цыхт. Сбад æмæ хæр! Уæ, мæ хинæйдзаг хъæбул, мæ дунейы рухс, мæ зæрдæдарæн! (Йæхимæ йæ æрбайста æмæ йыл цинтæ кæны. Стæй сбадт æмæ та ми кæныныл схæцыд). Ф ы р т (фынджы фарсмæ бады йæ мады цур æмæ хæры, йæ къæхтæ тилы). Нана! Æмæ уæдæ гæды исты куы фæкуры, уæд "миау-миау" цæмæн фæкæны? М а д. Гæды дзурын нæ зоны, мæ къона, "миау-миау" зоны æмæ йæ кæны. Ф ы р т. А-а!.. Уæдæ куыдз дæр йæ къæдзил уымæн фæти- лы... Дзурын куы зонид, уæд-иу æй нæ тилид. Æццæй, нана? М а д. 0, мæ къона, о! Ф ы д (æрбацыд, йæ рустыл хæцы). М-м... Ф ы р т (ракаст йæ фыдмæ, æваст бахудт, стæй йæ русыл фæхæцыд æмæ йæ сфæзмыдта). "М-м"... Ф ы д. М-м... Мæлын, не ’фсин, мæ дæндагæй, тагъд — арахъхъ! М а д (йæ моймæ). Мæ къона байхæлд, цы дыл æрбамбæлд? (Къæбицмæ бацыд.) Ф ы д (кæсы йæ фыртмæ). Цы мард дыл æрцыди дæуыл та? Ф ы р т. "Цы мард дыл æрцыди дæуыл та?" Ф ы д (дисауæй). Æрра дæ æви дæ сайгæ фæчынд? Ф ы р т. "Æрра дæ æви дæ сайгæ фæчынд?" Ф ы д (фæмæсты). Банцай, къулбадæг! Ф ы р т. «Банцай, къулбадæг!» Ф ы д. Ай дын мæрдты фыдæмбисонд! 1а* луг № 5, 1999 17
М а д (къæбицæй рацыд’и, тарстхуызæй). М ’арт бауазал ис!.. Ф ы.д. Не ’фсин, аць^лæппуйыл цы ’рцыдис? Ф ы р т. "Не ’фсин, ацы лæппуйыл цы ’рцыдис?" М а д. Ницы, нæ лæг, ницы... Ма смæсты у, дæ хорзæхæй!.. Мæ къона, цæмæн фæзмыс дæ фыды? Ф ы р т (хæрынкЖ та бавнæлдта). Хин кæй у, уый тыххæй. Фæзмын хорз нæу, фæлæ хин митæ кæнын та ноджыдæр фыддæр у, йæхи дарын нæ зоны æмæ йæ ахуыр кæнын. (Йæ фыдмæ.) Нæтгæ цæмæн æрбацыдтæ? Стонджы дын у? Æрбацу æмæ зæгъ: "Не ’фсин, стонджы мын у æмæ мын арахъхъ ратт». Ф ы д (йæ усмæ). Ацы миниуæг дæуæй рацæугæ у? М а д. Æмæ уый æнхъæл чи уыди, нæ лæг!.. Ф ы д (йæ къухтæ ныццагъта). Уæ, хæйрæг дæ бахæра, мæ фырт! Мæ дæндагниз мын фæлидзын кодта, сымахыстæн! Арахъхъ дæр мæ нал хъæуы. Мад. Нана дæ фæхъхъау фæуа, мæ хъæбул. (Йæ хъæбысмæ йæ æрбайста). Æмбæрзæн "Мах дуг» 1936, № 2 ^Щ*0 18
КЪУБАЛТЫ Алыксандр ИССÆÆМÆНОХ }у адзы Нох уыдис уæлдай хъæлдзæг: дзæбæх базар | та бакодта хорæй, æмæ йæ зæрды уыди скæнын 1к куывд. Куывдæн дæр хъуыд æфсон, æмæ йæ Нох сарæзта хорыбонмæ. Æрхондзæн хадзыты, сохтаты, хъæуы зынгæдæр зæрæдты, æрвадæлты, хæстæджыты... — Æрвадæлты æмæ хæстæджыты хонын дæр нæ хъæуы, сæхæдæг æрцæудзысты, — загъта Нох, — æмæ хъæудзæн æргæвдын дыгæрдыг, иу-дыууæ фысы, фыцын бæгæны, мах- сымæ! Динамонæгæн арахъхъ уадзын аив нæ уыд уæд. Нох нымайын зыдта. "Зиан нæ уыдзæни, — загъта Нох, — хæсдзысты хуынтæ, кæндзысты уый фæстæ фынг, хондзысты Нохы, стæй семæ базары хъуыддæгтæй æнæпайда нæ уыдзæн... Табу Хуыцауæн, — загъта Нох, — æвзаргæ лæгæн дæтты рухс зонд, æлгъыстæн — талынг". Æмæ бадзырдта йæ хистæр усмæ. Хистæр усы Нох уарзта фылдæр, йæ коммæ кæй каст, уый тыххæй. — Ностæ, — загъта Нох, — фыц хорыбонмæ бæгæны æмæ махсымæ. Уымæй дарддæр ницы загъта. Усимæ дзураг нæ уыди... Куывд ахицæн дзæбæх. Адæм уыди бирæ. Хуынтæ — хорз. Цыдысты дыккаг бон дæр, дæлдæр хæстæджытæ. Фæлæ Нох уыди мæстджын: фынгæй фесæфт æртæ æвзист уидыджы! Цы сты уидгуытæ? Нохы ис уидыгæй баргæ нæу, фæлæ уæддæр — бахæр, бануаз æмæ ноджыдæр дав? Нохы фæндыд йæ маст искæуыл акалын, фæлæ кæуыл? Йæхæдæг радта Нох уидгуытæ хистæртæн пловимæ. Нох хистæртæй адавын æнхъæл нæ уыд, 19
уыд кæстæртæй, æрвадæлтæй, хæстæджытæй адавын æнхъæл. Рацыди бонтæ, Нох йæ’хардз раздæхта дывæлдахæй, фæлæ йæ маст нæ кæны рох. Иурайсом Нох рацыди мæзджытæй, æмæ йыл сæмбæлд Иссæ.» Иссæ уыди Нохæн йæ карæн, фæлæ зынди кæстæр, тæнæг, ко- сагонд, хъæлдзæг. Нох нæ уарзта Иссæйы: диссаг лæг уыд Иссæ! Нохы ныхæстыл кодта разы, фæлæ сæ-иу сыздыхта, æмæ Нох зади хæлиудзыхæй! Ныр дæр Нох хъавыд йæхи фæсвæд фæкæнынмæ, фæлæ йæ къухы нæ бафтыди. — Дæ райсом хорз, хадзы! — загъта Иссæ æмæ райста Нохы къух. — Дæ маст скæнæгæн Хуыцау ма ныббарæд! Лæгæн маст кæны йæхи фос! — Цы кæнæм, — загъта Нох, — табу Хуыцауæн... — Нохы фæндыди ныхас фæцыбыр кæнын, Иссæ та уыд æндæр арæзт. — Нæ, нæ, — дзырдта Иссæ, — бахæр, бануаз æмæ но- джыдæр дав? Кæд мæгуыр дæ, стонг, уæд æрбацу æмæ зæгъ: "Нох! Мæгуыр дæн, æмæ мын ратт!" Уæллæгъи-биллæгъи,— таллæгъи, Нох, ды йын раттаис! Табу Хуыцауæн, — загъта Нох, — мæгуырæн æххуыс ахæр- æты бон... — Æмæ æз дæр уый куы зæгъын, — загъта Иссæ, — раст зæгъгæйæ, мæгуыртæ ис! Стонг дæр ис! Дард дæр не сты! Ды дæр сæ зоныс, æз дæр, фæлæ сын искуы исты радтам? Стæй динамонæгæн, адæмы мæгуырады, дарын æвзист уидыг не ’мбæлд! Нох æркасти зæхмæ. Иссæ бахудт йæ мидбылты. — Уæллæгъи-биллæгъи, — загъта Иссæ, — уый мæгуыр лæг нæ уыд! Уый уыд иу хъал! Усгур! Фæндыд æй дæ уидгуытæй рон скæнын! Чызджы фæсайын! — Æз дæр афтæ æнхъæл дæн, — загъта Нох æмæ йæ цæсгом фæрухс. — Æз дæр уый куы зæгъын, — дзырдта Иссæ, — нæ ахъуы- ды кодта, Нох уыцы уидгуытыл кодта фæллой! Нæ хуыссыд æхсæв! Зад æххормаг! — Табу Хуыцауæн, — загъта Нох, — æнæ фæллой кæм ис? — Æз дæр уый куы зæгъын, — загъта Иссæ, — кæд дын Хъасай йæ рухсаджы тыххæй радта, уæддæр! Лæвар дæр фос у! Фæлæ мæм дис цы кæсы, хадзы! Хуыцау йæ кувджытæй хын- джылæг дæр кæны! Иу уидыгæй сын дæтты цин дæр, маст дæр! Фæндыд ма Иссæйы дзурын, фæлæ Нох фæраст æмæ доны былыл Ситохонæн дзырдта: — Хæйрæг дæ куы сайа, уæд Иссæйыл сæмбæл! 20
Уæдæй фæстæмæ Нох Иссæмæ ныхасмæ нал лæууыди, фæлæ кулакты хыгъды куы бахаудта, йæ исæй куы фæцудыдта, йæ устытæ куы фæпырх сты, уæд иухатт уынджы сæмбæлд Ис- сæйыл. Нох зыдта, Иссæ кæй кусы колхозы, йæ хæдзары хæлдæй дзы хъаст дæр кодта, колхозы койæ йе сæфт дæр уыдта Нох, Ьæлæ уæддæр æнæ афæрсгæ нæ уыд. —Иссæ куы дæ, — загъта Нох, къæцæл амайгæйæ. — Гъи, <уыд у дæ куыст? — Уæллæгъи-биллæгъи, хорзæй йæм ницы ис, — загъта Иссæ 1охы зæрдæ æлхæнгæйæ. — Æмæ куыд уа хорз, — загъта Нох, — æнæ Хуыцауы рфæйæ? — Нæй! — загъта Иссæ. — Сайынц! Давынц! Фæлæ дзæбæх }зесхуыстам нæ завхозы! — Кæй? — Мысосты! Нох зыдта Мысосты хабар, фæлæ йæхи æнæзонæг скодта. — Æмæ цы кодта Мысост? — Ахордта ссæдтæ, — загъта Иссæ, — æхсæны фос æм шкуы уыд, æмæ сæ хуыдта йæхи! Йæхи сайдта! — Æмæ цы кодтаид, кæд æм пайда нæ цыди, — загъта Нох ъæлдзæгæй. — Æмæ æз дæр уый куы зæгъын, — загъта Иссæ. — Пайда æй! Цы пайда уа, куы нæ кусай, уæд! Кусгæ та уымæн нæ æнынц, æмæ дзы пайда нæй! Чонкуыры æмбисонд: — Чонкуыр! Бæгънæг цæмæн дæ? — Нæ кусын æмæ уымæн! — Æмæ цæуылнæ кусыс? — Бæгънæг дæн æмæ уымæн! — Йæхи сайдта, йæхи, — загъта Нох. — Мæнæ дæу хуызæн, — схудт Иссæ. Нох фæджих. — Æмæ æз куыд сайдтон? — Ныр куыд сайыс, афтæ! — Куыд сайын? — Кусын дæ нæ фæнды, афтæмæй колхозмæ цæуыс! Нох’ аныхта йæ хъусы рæбын. — Фыццаг та уидгуытæй, — схудт Иссæ. — Цы? -— Хъасайы уидгуытæй! Стæй дæ фосæй! ~~- Куыд, дæ хорзæхæй! Цы? Куыд? Дæ номыстæн? Уæдæ сæ с^и лæвар хæсса! 21
— Уæдæ сæ ды лæвар исай? — худт Иссæ. Райсом бригады нартхор рувгæйæ Иссæйы куы фарсто худгæйæ: "Зæронд лæджы цæмæн бафхæрдтай?" — уæд схудт. — Уæдæ йын цы кæнон, уæ хорзæхæй? Æз йæ бынтæ кæмге ныссæрфын, уый дæр мæ хъаст кæны! "Мах дуг", 1934, № 22
ПЛИТЫГрис Цыма фенцад æваст Æнкъард хъарæг, Цыма арвæй æркаст Цырагъдарæг, — Аив сæрды æппæт йæ хæрдгæйæ, Тайы, алыгъди мæт мæ зæрдæйæ... Фæлæ н’ аскъуыд æваст æнкъард хъарæг, Нæдæр арвæй æркаст Цырагъдарæг: Уый — рæстæгмæ фæхъус нæ хæст-тыфыл, Æмæ уайы дæ хуыз мæ цæстытыл. 1942 "Мах дуг", 1947, № 3 23
МЫРТАЗЫТ Барис Кæддæр-иу цардмæ сонты цæстæй кастæн Æмæ мын уыд хъæмпыхалау йæ уæз. Цæй диссаг у! Куыд атахтысты азтæ, Нæ зонын, нæ, уый абон дæр ма æз. Фæлæ хъыг æмæ цинады гуырæнтæй Куы ’рхауд мæнмæ дæр баназыны рад, Куы фæдæн тохы абухгæ уылæнты, Æз цардæн уæд, уæд бамбæрстон йæ ад. Хæцæг æфсад, 1942 "Мах луг", 1947, № 24
ЦÆРУКЪА ТЫАлыксандр НЫВНАЛЫ ДОНМÆ БÆРЗ Нывналы донмæ бæрз йæ саджцл цонгæй, Цыма фæхъавы сисынмæ цыдæр. Мæ зæрдыл та æрбалæууыдтæ ногæй, Æнæраздахгæ иухатты изæр... Мæ зæрдыл та æрбалæууыд, мæ зынаргъ: Уæ разы, доныбыл, æхсæм нæхи... Фæрухс кодта уæ рудзынгæй уæ цыраТъ... Дæ хъуырæгънæг тыбар-тыбур ысси. Фæлæ цы кæныс химидæг хъуырдухæн, Бынмæ цæмæн у, агургæ, дæ каст?.. Æрхаудис уый дæ сæрвасæн дæ къухæй Æмæ æрбайсæфт донгæрон æваст. «Ныууадз, æндæр дын балхæндзынæн, — хатыр...» Ды бахудтæ цыдæр æмбæхст хуызæй: «Æрвылизæр цæудзыстæм иумæ ардæм, Æмæ йын уæд æнæ ыссаргæ нæй...» Цы фестут ныр: дæ сæрвасæн, дæхæдæг, Дæ хъуырæгънæджы ризгæ сусæг рухс? Изæрдалынгты зæрдæ кæд нырхæндæг, Дæу мысгæйæ, хæххон доны уæлхъус... Нывналы донмæ бæрз йæ саджил цонгæй... Æнхъæлын æй дæ хæрз халдих, мæ бон, — Цыма та агурыс дæ сæфт сæрвасæн ногæй Фæдджитæтылдæй къанауы кæрон. 25
СОНЕТЫ БÆСТЫ Кæддæр кæмæдæр хъисфæндыр æрæфтыди нæ сыхы... Кæм къæхты бын, кæм цары къуымы ихсыд. Кæд-иу æм дымгæ рагъæнмæ фæныхылдта къæрныхау, Уæд-иу ныдздзынæзтой йæ лыстæг хъистæ. Уæддæр йæ хицау не ’сси, нæ, хæзна даргæйæ исджын, — Нæ йын уыди зæрдæ, хæрзарæхст къухтæ. Уæд та дзы, о, куы ’рцагътаид, куы, иу байтаман исчи, Уæд уымæй сфидыдтаид цард рæсугъддæр!.. Ды дæр кæд уыцы хъисфæндырау рох æмæ дзæгъæл дæ... Æз — кадæггæнæг, — кæд дæ мæтæй риссын!.. Дæуæн нæй равдисынмæ амонд, нæ, дæ диссаг зæлтæ, Мæнæн нæй хъомыс бамбæлдæн дæ хъистыл. Æнæ кæрæдзи мах — хъыджы дыууæ сыгъдæг цæссыгау, Æнæ кæрæдзи мах — мæрдрох, кæлддзаг чысдур мæсгуытау. "Мах Ауг», 1958, № 6 26
ЕПХИТЫ Тæтæри ХУЫЙÆНДАГ цы хуыйæндаг абæттын мæ астæуыл... Хистæр д^ лæппу мын мæ рон ахаста, æмæ... — йæ четæн куы- Ж, рæт дзæбæхтæ кæнгæйæ, загъта Фæхтыхъо, æмæ йæ сырх тугоадт цæстытæ фырдзарм худы бынæй бакастысты Дзæрнахъомæ. Фæхтыхъо лæууыдис сæ хъæмпын сарайы кæрон, къо- намæ ’ввахс, Дзæрнахъо дæр йæ цуры. Фæхтыхъо йæ куырæт дзæбæхтæ куы кодта, уæд Дзæрнахъомæ дæр хардзау æркаст — йæ сау нымæтхуд систа йæ сæрæй æмæ йын йе ставд хъистæ æвзарын райдыдта. — Æмæ та кæм и уæ хистæр лæппу? — Дзæрнахъо худæй йæ цæстæнгас нæ систа, афтæмæй бафарста Фæхтыхъойы. — Æмæ, гъе, цы йын зонын æз дæр, усгур та, дам, ацыд Хъахъхъæдурмæ, зæгъынц. — Ды дæр, Фæхтыхъо, цотджынæй æнæ цот дæ: æз урс кæнын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ уæ хъусын: "Нæ хистæр лæппу та усгур ацыд!" Ау, уый аккаг дзыллæйы зылды нæй, æви? Нæ, фæлæ дæу дæр амонд нæ фæци, Фæхтыхъо, нæ фæбæззыдысты Аæ цот! — Афтæ, афтæ, мæ хур, Дзæрнахъо, фæлæ цы гæнæн ис, алкæмæн дæр йæ амонд конд у, — арф ныуулæфгæйæ, загъта Фаехтыхъо. — Цот дзы Дженалдыхъойы цоты хуызæн куынæ Ф^уа! Стыр кад ын кæнынц йæ цот. Знон, дам, йæ уд дæр нæма систа, афтæ йын Бæрæгъуыны цы фырт цæры, уый дыууæаз- Дзыд уæныг æрбахæццæ кодта. Иу гал та сæхимæ хастой хис- Тагæн, хъоммæ дæр æй нал уагътой... ;— Æмæ йæ низы хъæд тыхджын уыд, мæйы размæ дæр дзырд- тои фервæзинаг рынчын нал у, æмæ рагацау сæхи цæттæ код- °и> — загъта Дзæрнахъо. 27
— Адæмæн æмбисонды хист дзы уыдзæнис... — Амондджын у, амондджын Дженалдыхъо. Гъеныр, Хуы цау бахизæд, фæлæ æз æрбамардтæн, уæд мæрддзыгойæн с фæллой цæмæй схæлар кæниккой мæ цот? — Æмæ дзы мæныл дæр хуыздæр бон куы нæ ис. Нæ зо- нын, цæмæй фиддзыстæм нæ хæстæ?.. Фæлæ æрæджы кæнæм мæрддзыгой æрбацыдысты æмæ ныр мард тагъд рахæсдзысты, — йæ лæдзæг райсгæйæ, загъта Фæхтыхъо. — Уый дæр у...—Дзæрнахъо йæ худ ныккодта æмæ рараст сты. — О, Дзæрнахъо, уый дын зæгъынмæ хъавыдтæн, уæд та фæйнæ нурыйы ахæссикам немæ, стуры фыд нурыимæ дисса- джы хæрзад у, æмæ хæрнæджы нуры кæй нæ уыдзæн, уый ды зæгъын æз рагацау. — Раст зæгъыс, нуры æвзæр нæу къуыдырвых фыдимæ. Фæхтыхъо фæстæмæ ’рбаздæхти къонайы цурмæ, сæвнæлдта къусмæ йæ даргъ къухæй æмæ райста дыууæ нурыйы, йæ уырзтæй сæ асгæрста, æмæ дзы иу фæлмæнгомау разындис. Сæвнæлдта та фæстæмæ æмæ фæлмæн нуры баивта хъæбæрæй. — Цом ныр, кæннод сын хъыг куы уа мæрдджынтæн нæ байрæджы. — Уæуу, мæнæ мыл мæрдырох куыд бахæцыди. Мæ кард мæ куы байрох, — хъæрзæгау скодта Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъомæ дæр нал фæкаст, афтæмæй кулдуарæй раздæхт фæстæмæ æмæ уæлвæйнæгæй райста урсфистонджын кард. Кæрддзæмæй сласта кард æмæ йын йæ коммæ æркаст. — Хорз у, æгæр цыргъ дæр ма у! — Æнхъæлдæн æмæ, Фæхтыхъо, дæндагæй хорз нал дæ? — худæнбылæй афарста Дзæрнахъо йæ хæлары. — Уастæн æй Уацилла йæ рæхыстæй куы ныццæвид уыцы дохтыры, мæн дæндагджынæй æнæдæндаг чи фæкодта!.. Мæнæ ма æрбакæс, кæцæй мын сæ сласта... Дзæрнахъо æвæндонæй бакаст йæ хæлары комарынгмæ æмæ йæ сæр батылдта. — Æмæ хуымæтæджы дæндæгтæ уыдысты, раст мæнæ мæ’ тымбыл къухы йæстæ, — йæ рахиз къух фæтымбыл кодта Фæхтыхъо, — фыры хъулты хуызæн, раст фыры хъулты. Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо уыдысты сыхæгтæ. Кæрæдзи- йыл стырзæрдæ никуы кодтой, кæрæдзийæ ницы æмбæхстой, сæ зæрдæйы ныхæстæ кодтой æрмæст сæ кæрæдзийæн. Хъæуб- æсты-иу хист куы уыд, уæд-иу кæрæдзимæ уайын райдыдтой, цы æргæвст уыдзæн хæрнæджы, цавæр нозт дзы уыдзæн. Сæ, кæрæдзийæн уынаффæтæ кодтой, куыд хæрын хъæуы, цæмæй хисты хæлцæй гуыбыны фылдæр бацæуа. 28
Хæлæрттæ дыууæ дæр æмсиæхстæ уыдысты. Стæй Фæхтыхъо- Йы хъæмпын сарамæ цæугæйæ-иу сæ дыууæйæ дæр гуыбыр кæнын хъуыд. Сæ дыууæ дæр уыдысты коса, цæсгомæй дæр æигаестæ, æрмæст Фæхтыхъойæн йе ’рфыгыл уыди стыр сау бызычъи, фæлæ уый дæр худы бынæй нæ зынди. Мæрдджынты кæрт адæмæй уыдис йемыдзаг. Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо бацыдысты кæртмæ, сæ худтæ систой, тæфæрфæс ракодтой. Бараст сты марды цурмæ, сæ къухтæ йыл авæрдтой æмæ фæстæмæ рацыдысты сарамæ, сæ куырæтты фæдджитæй сæ цæстытæ сæрфгæ. фæссихор уыдаид, афтæ мард æфснайд æрцыдис, куыд æмбæлы, афтæ. Устытæ къордгæйттæй, æнувыд ныхас кæнгæйæ, сабыргай цыдысты уæлмæрдтæй фæстæмæ, лæгтæ та тагъд код- той хист хæрынмæ. Фæссихор чысыл сæлфынæг кæнын рай- дыдта æмæ-иу лæгтæ мæрдджыны сарамæ куы бахæццæ сты, уæд сæ худтæ систой æмæ-иу сæ сабыргай ацагътой. Дзæрнахъо æмæ Фæхтыхъо сæ лæдзджытыл æрæнцой код- той, афтæмæй зæхмæ кастысты æнкъардхуызæй. Хаттæй-хатт- иу сæ кæрæдзимæ бакастысты, ома: "Хæрнæг æгæр фæстиат кæны, нæхимæ дæр къæбæрдзых не скодтам..." Хæрнæг цæттæ уыдис, æрмæст ма кастысты мæрдджынтæн сæ мыггаджы хистæрмæ. Уалынмæ уый дæр фæзынди. — Табуафси, хорз адæм, фæйнæ арахъхъæй схæлар кæнут уæ фæллой, — загъта мыггаджы хистæр. Адæм æфсæрмхуызæй кæрæдзийæн цæстытæй амыдтой фынгты ’рдæм, фæлæ дзы ничи разы кодта фынгтæм сегасы разæй бацæуын. Мыггаджы хистæр та сæм хатын райдыдта. Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо кæрæдзимæ бакастысты, схуыфыдысты уæлæнгай, стæй бацыдысты фынгтæм æмæ фæрсæй-фæрстæм æрбадтысты. Фæйнæджытæ æртæ рæнхъы æрæвæрдтой, астæуккаг фæйнæгыл хæрд æмæ нозт уыдис, кæройнагыл та адæм бадты- сты. Сæ дæргъ уыдис сарайæн йæ иу кæронæй иннæмæ. Нард стУры фыд æмæ ногфых æнхъизæнджын дзулы тæф æхсызгон ХъЬ1дзы кодтой фындзы хуынчъытæ. Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо цывзыджын хъарм арахъхъæй фагйнæ фондзы бæрц куы анызтой, уæд сæ нурытæ сæ зæрдыл æрлæууыдысты. Фæхтыхъо аивæй йæ къух куырæты дзыппы аУагъта æмæ систа нурытæ, иу дзы æнæдзургæйæ Дзæрнахъо- иы къухы фæсагъта. Сæ фарсмæ чи бадт, уыдон сæ нæ бамбæ- Рстой, цалынмæ нурыты тæф сæ былтыл ауад, уæдмæ. Тынг аАДЖын скодтой сæ хæринаг Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо сæхицæн, Сф фарсмæ чи бадт, уыдонмæ дæр ма дзы фæкастысты. 29
— Знон цæхæрадоны уыдтæн æмæ мæ дзыппы ферох сты... — дзырдта Фæхтыхъо, цæмæй йыл ма фенæууæнк уыдаиккой, уый тыххæй. Дзæбæх куы аминас кодтой, уæд Фæхтыхъо Дзæрнахъомæ аивæй бадзырдта: — Мæ хуыйæндаг мæ æлхъивын байдыдта. — Дзæрнахъо йæ хъус уыйбæрц нæ бадардта йæ хæлары хъастмæ. Уырдыгыстæг та тæбæгъы дзаг рахаста фых дзидзайы къуылдыхтæ æмæ та сын сæ сæ разы æрæвæрдта. Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо сæ ныхас кæнын фæуагътой æмæ та фынг-тæм, тагъдгомау, февнæлдтой. Гуыбынты нал цыдис, фæлæ уæддæр цæст не ’фсæстис уыцы замманайы цывзыджын арахъхъ æмæ нард фыдæй, ноджы ма нурыимæ. Иу заманы куы уыди, уæд, дын, Фæхтыхъо фынгмæ нал æвна- лы, æрмæст æдзынæг кæсы, йæ бакомкоммæ цы лæг бады, уымæ. Дзæрнахъо йæ рæмбыныкъæдзæй басхойы Фæхтыхъойы, фæлæ уый змæлгæ дæр нæ кæны. Уалынмæ дын Фæхтыхъойы тъæпп уæлгоммæ фæцыди. Къæхтæ æмæ къухтæ адаргъ кодта, цæстытæ ныдздзагъыр сты. Дзæрнахъо хорзау нал фæци. Фестад, Фæхтыхъойы ныхыл фæхæцыд, — ных ауазал. Адæм æрбамбырд сты: иуæй дис кæнынц, иннæмæй тасы бацыдысты цы хабар æрцыд, уый не ’мбарынц. Æппынфæстаг мæрдджынты мыггаджы хистæр загъ- та, цæмæй дохтыр Коколайы тагъд æрбахæццæ кæной. Дохтыр Кокола удаистæй æрбалæууыди. Мæрдджынтæн тæфæрфæс дæр нал ракодта, фæлæ Фæхтыхъойы уынынмæ фæци. Рауын-бауын æй кæны, фæлæ цалынмæ дохтыры къух хуыйæндагыл аныдзæвдис, уæдмæ никуы æмæ ницы, — не ’взæрста низы хъæд. Хуыйæндаг Фæхтыхъойы тæнтæ сылвæста æмæ гуыбыны фыдты афардæг. — Æри-ма... кард уæ никæмæ ис? — раздæхти дохтыр адæммæ. — Дæ цуры фынгыл кард, — ацамыдта чидæр кардмæ. Ко- кола кард райста æмæ фæлыг кодта хуыйæндаг— фæйнæрдæм фæхаудысты йæ дыууæ кæроны. Фæхтыхъо ракаст йæ цæстытæй, гуыбын рахæцыд æддæмæ... Лæг сулæфыд... — Хорз лæг, Дженалдыхъойы хистæй афæдзваг бахæрынмæ’ хъавыдтæ, æви цы? — загъта дохтыр Кокола, Фæхтыхъомæ бакæсгæйæ, йæхæдæг рацыд йæ къухтæ æхсынмæ. "Мах дуг", 1940, № 6 30
МЫХЪМЫХЪЫ КÆРЧЫТÆ —- Мæнæ та дзы дыууæ ныххæдмæл! —æнкъард æмæ тарст- хуы-зæй загъта Мыхъмыхъ, йæ рахиз къухæй дыууæ урс карчы æрзæбул, афтæмæй. — Уæ судзгæ бон мыл акæна! — ай хæрзбын куы кæнын... цагъды куы фесты иууылдæр... Ныр дын уый авд... æмæ кæрчытæ сты, кæрчытæ... схæцæнтæ сыл нæй... сыгъдæг хорæй хаст сты æмæ цæуылнæ уой фиу, — бакатай кодта Мыхъмыхъы æфсин — Госæда, йæ стæгджын даргъ æнгуылдзтæй йæ роцъойыл хæцгæйæ, дыууæ урс каркмæ æдзынæг ныккасти, афтæмæй. — Уæддæр мæрддзæст дæ... дæ цæст-иу дзы нæ уарзта аргæв- дын, — тæргайхуызæй загъта Мыхъмыхъ æмæ йæ синтыл йæ къухтæ дзуарæвæрд акодта, йæ зылын цæстæй та кæрчытырдæм бакаст. — Цæй, æмæ сæ ныццæгъдæм сегасы дæр, — загъта Мыхъ- мыхъ. — Æвæццæгæн, кæркниз у æмæ æнæпайдайæ хæдмæл кæндзысты. Бахус сæ кæндзыстæм, хус карчы фыд дæр æвзæр нæу... — Цы ’рцыд, уымæн гæнæн нал ис, — йæ цыбыр цæнгтæ батилгæйæ, загъта Мыхъмыхъ æмæ та йæ зылын цæст йе ’фсинмæ ферттывта. Госæда ноджы тынгдæр мæсты кодта йæ лæджы æнæмæт ныхæстыл æмæ йæ дзыхæй амæй-ай ахсджиагдæр æмæ карздæр æлгъыстытæ хаудысты алы адрестыл. Æлгъыста Хуыцауы: куы йæ дæлæмæ хауын кодта, куы та йын цæйдæр тъæнгтæ хæрын кодта. — Мæ цуры зæронд нæл гæдыйы разил-базил ма кæн, фæлæ сæ схæсс дохтыртæм æмæ сын сæ низ базоной, сæ туг сын феной... Куыд æнæмæт дæ, дæ бындур ныззила, куыд! — загъд кодта Госæда йæ лæгмæ. — Гъы, æндæр мæ мæт дæр нæй, ныр дын уынгты хæдмæл кæрчытæ ме ’ккойы рахæсс-бахæсс кæндзынæн, — æвиппайды загъта Мыхъмыхъ æмæ йæ гæмæх сæрыл йæ фæтæн армытъæпæн æрæвæрдта. — Уæдæ цæмæй амардысты, кæд низæй нæ амардысты, уæд! ^- тæвдæй тæвддæр кодта Госæда, суанг ма йæ къухтæ дæр Зьфзыр кæнын байдыдтой. Госæдайæн йæ кæрчыты рын уыйбæрц нæ кодта, йæ лæджы ^нæмæтдзинад ын цас тых кодта... — Цæмæй куы зæгъай, уæд мæнæ ацы æнамонд аптечы ах- х°сæй... Алы хъылма калынц æмæ дзы, æвæццæгæн, фæхъæстæ 31
сты... Карк цы ’мбары? Каркæй æдылыдæр маргъæн скæнæн куынæ ис... — Уыцы зондджын хуызæй радзырдта Мыхъмыхъ, суанг ма йæ зылын цæстæй дæр зонды тæмæнтæ скалдта. Госæда, цавддурау, фæхъус ис æмæ хъуыдыты афардæг. — Чи зоны, нæ лæг, раст дæ! Æвæццæгæн, аптечы хъыл майæ фæцагъды сты нæ кæрчытæ... Уый йеддæмæ нæ сыхæгть кæрчытæ куы нæ мæлынц. Æз фæрсын, æмæ хъæуы кæркнизæ йæ кой дæр нæй. Æнæмæнг, æнæмæнг... ацы хъылма.. ацы аптек... мæ тæригъæд фæхæссой, — тæвд кæнын та райдыдта Госæд æмæ та йæ тæнæг былтæ ацъæх сты, æрфгуытæ апехцел сты. — Æниу фарон нæ гогыз цæмæй амарди... Æниу æндæраз нæ уасæг... — Мыхъмыхъ хъавыди, йæ хæдзарыл цыдæриддæр зианæй æрцыдис цалдæр азы, уыдон аптечы кусджыты аххо фæкæнын, фæлæ йыл Госæда куы схъæр кодта, цæй, ныр дь нæ хъуджы мард дæр уыдоны аххос фæкæндзынæ, зæгъгæ, уæ фæхъус ис, схуыфыд аразгæ хуыфтæй æмæ кæртмæ рацыдис. Госæда та йæ хæдмæл кæрчытæм æдзынæг ныккасти, йæ сæр батилгæйæ сыл ахъарджытæ кодта, стæй сæм бавнæлдта. Гос- æда хæдмæл кæрчытæ куыд рацæйхаста аппарынмæ, афтæ та Мыхъмыхъ йæ размæ фæци, йæ рахиз къухы дыууæ хæдмæл карчы, йæ галиу къухы иу, æрдзедзыккатæ сты, афтæмæй. Госæда куы ауыдта уыцы ныв, уæд йæ къухæй хæдмæ кæрчытæ зæхмæ æрхаудысты. — Уый уал дын дæс, — загъта Мыхъмыхъ, хæдмæл кæрчытæ сарайы зæххыл æрæвæргæйæ. — Нæ дын загътон, æрбаргæвд сегасы дæр, зæгъгæ, — мæстæймарæгау бадзырдта Мыхъмыхъ йе ’фсинмæ. — Уæу, судзгæ бон мыл куыд акодта, мæнæ куыд сæфынц.. 0, куыд æлгъыст æмæ æнамонд дæн! — хъарæггæнæгау æлгъи тын байдыдта Госæда. Гæнæн нал уыдис æнæ æргæвдгæ, Госæ. да иугай лæвæрдта Мыхъмыхъмæ рынчын кæрчытæ. Мыхъмыхъ сæ иста Госæдайы къухæй, сæ къубæлттæ сы иугæйттæй къодахыл æвæрдта æмæ сын сæ къуымых фæрæтæ хауын кодта. Мыхъмыхъæн йæ цонг фæрысти æмæ, ныуулæфгæйæ, загъ та: — Банымай ма сæ, кæддæра цал сты! , Госæдайы лыстæг æмæ стæгджын æнгуылдзтæ фендæдзын карчы къахыл æмæ та йæ иннæрдæм раппарынц. Дзæбæх обау скодтой сарайы зæххыл къубалкъуыр кæрчытæй. Госæда дзы банымадта дыууадæс æмæ ссæдз. Мыхъмыхъ сагъдауæй аззади, Госæда йын нымæц куы загъ- 32
та уæд, — нырма йæм ныр хъарын байдыдта хæдзары зиан. '_— Гъай, бæллæх нæу, зæгъут? Хуыцау ныл йæ бæллæх сæВæрдта æмæ нæ цæвы, æндæр ницы... Мæ фæндтæ куыд фæдзæгъæл сты... Цас фæллой фесæфт... цас хор фæхордтой, _ йæ зылын цæст æрныкъул-æрныкъулгæнгæйæ, кæуæгау скод- та Мыхъмыхъ... Госæдайы зæрдæ бынтондæр суынгæг и æмæ Йæ раздарæны фæдджи йæ цæстытæм схаста. —- Афтæ нæ... сбæрæг кæнын хъæуы ацы хъуыддаг, æцæг низ у, æви аптечы хъылма у аххосджын, уый, æнæмæнг, сбæрæг кæнын хъæуы, — зондджын æнгас скодта йæ цæсгомæн, афтæмæй загъта Мыхъмыхъ. — Æмæ дын æз нæ загътон, дохтыртæм сæ ахæсс æмæ сæ фенын кæн, зæгъгæ, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Госæда. — Æнæмæнг, æнæмæнг... ныртæккæ дзы иу цыппарæн æнæ схæсгæ нæй, — йæхи бафистæджытæ кодта Мыхъмыхъ хæдмæл кæрчытæм æрывналынмæ. — 0, де ’гæр фæкалай, æмæ дзы æнæ цыппар хæсгæ нæй! Иу дзы ахæсс æмæ уый куы рабæрæг кæной, уæд иннæтæ не сбæрæг уыдзысты! — бауайдзæф кодта Госæда Мыхъмыхъæн. — Уымæй дæр раст зæгъыс, не ’фсин, — сразы Мыхъмыхъ Госæдайы фæндонимæ, райста йæ лæдзæг æмæ, хæдмæл урс карк йæ галиу къухы цоппайгæнгæйæ, рарасти дохтыртæм. Мыхъмыхъ йæ бинонтимæ царди районы центры. Мыхъмыхъ ныр цы районы царди, йæхæдæг уыцы районаг нæ уыди — æндæр ранæй æрлидзæг уыдис. Ссæдз азы размæ сыстад, сæхи хъæуы дæлкулакыл нымад кæй æрцыди, уымæ гæсгæ æмæ афардæг Бухармæ. Бухары иу- Цалдæр азы ацард, стæй та фæстæмæ æрбафардæг сæхимæ. Бирæ бинонтæ не сты Мыхъмыхъы бинонтæ, дæлæмæ дæр иæхæдæг, йæ ус æмæ йæ чызг. Чызг йæ лæгимæ æндæр горæты цæры æмæ арæх нæ вæййы йæ мад æмæ йæ фыдмæ. Мыхъмыхъ йæ заманы сæудæджеры куыст акæнаг уыдис ^мæ-иу æртыгай-цыппæргай бонтæ не ’рцыд сæхимæ, зылдис- ИУ армукъатыл. Ныр фæзæронд ис æмæ йæхицæн йæ кармæ Гаесгэе куыст ссардта — ныллæууыдис Селекцион станцæйы Хъахъхъæнæгæй. Æхсæв æмæ бон бахъахъхъæны, дыууæ боны а вæййы сæхимæ. Мыхъмыхъы бæстыхай æмæ районы аптек ТЬ1 иу кæрты æмæ æдзух сæ кæрæдзийæ хъаст кæнынц, æвзæр Ь1хæгтау. Аптечы кусджытæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы, Мыхъмыхъ ах Ауг N0 5, 1999 33
иумæйаг кæрты хуытæ æмæ æндæр ахæм фос кæй дары, уый Мыхъмыхъæн дæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы, æдзух аптекæ| хосты тæф кæй цæуы, уый... ] Фæлæ Мыхъмыхъ уыцы тæфæн, чи зоны, быхстаид æмæ афт| тынг нæ хъаст кæнид, — айдагъ хосты смагыл куы уаид хъуыд даг, уæд. Фæлæ хъуыддаг арфдæр цæуы — аптечы æфснайа! ус кæртмæ ракалы цыдæр химикон хъылматæ, æмæ уæд с| фындзыл ныххæцынц Мыхъмыхъ æмæ йæ ус Госæда. I Сæ фосæй, кæнæ сæ мæргътæй куы фæрынчын вæййы, кæня куы амæлы, уæддæр æй уыцы хъылмайы аххос фæкæнынц -I цæф æмæ рæхуыстæй куы амæлынц, уæддæр. Ныр дæр та сья стыр фыдбылыз сæмбæлди Мыхъмыхъы бинонтыл: сæ кæрчыт! фæцагъды сты. I — Æнæмæнг, аххосджын у аптечы æфснайæг ус — уый та æвæццæгæн, цыдæр хъылма ракалдта, æмæ дзы кæрчыта фæхъæстæ сты... æндæр æнæхъæн хъæуы кæркнизæн йæ ко| дæр куы нæ ис. ] Мыхъмыхъы кæрчытæ, æнæмæнг, аптечы хъылмайæ кæ| фæцагъды сты, уымæн ма ноджы æвдисæн у уый, æмæ дох| тыртæм цы карк ахаста Мыхъмыхъ, уымæ ницы низ ссардто) æмæ йын æвдисæндар радтой: "Æцæгдзинадæй, ацы карк низæ| кæй нæ амарди, фæлæ йæхи æгъдауæй кæй амарди, уый фида] кæнæм ацы гæххæттæй". Ахæм æвдисæндары бын йæ къух нывæрдта сæйраг дохты æмæ йæ Мыхъмыхъы къухты фæсагъта. Цы ма хъæуы Мыхъ| мыхъы? Мыхъмыхъы къухы æппæт документтæ дæр сты, æрмæс] ма ныффыссын хъæуы гæххæтт Адæмон тæрхондонмæ район^ аптечы хицауыл, — йæ кæрчытæ йын кæй фæцагъды кодта т смаггæнаг хъылмайæ, уый тыххæй. Фыссæг дæр разынд — кур диат фыст æрцыд æмæ дыккаг бон балæууыд Адæмон тæрхон доны скъаппы, дохтыры гæххæтт йæ уæлæ ныхæст, афтæмæи Тæрхоны лæгты хистæр сыстад, дзæнгæрæг бацагъта, агъ уысты адæмæн сæ худтæ сисын кодта æмæ бамбарын кодта - тæрхоны лæгтæ сæ куыст кæй райдыдтой, уый, æмæ суд кусы райдыдта. — Дæ мыггаг? — Бæтæгатæй. — Дæ ном? — Мыхъмыхъ. — Кæм кусыс? 34
_- Селекцион станцæйы. _- Цæмæй? _- Сторожей. ^- Ды дæ курдиаты хицау? — 0. Лхæм фарстатæ радта тæрхонгæнæг æвдисæнтæм дæр æмæ аптечы хицау Сæлимæтмæ дэер. /Евдисæнтæм, зæгъгæ, уый иуыл раст нæу — æвдисæн дзы уыд æрмæстдæр иу ус — Мыхъмыхъы сыхаг ус. Уыцы ус, — Нинæ йæ хуыдтой, — æвдыста, ома, дам, мæхи цæстæй федтон, аптечы æфснайæг ус дыууæизæрастæу бед- райы дзаг сырхбын дон кæй расæххæтт кодта кæртмæ æмæ йыл Госæдайы кæрчытæ кæй амбырд сты. Ацы ныхæстæ раст кæй сты, уый тыххæй Нинæ сомытæ фæкодта, стæй йæ къух æрæвæрдта. Тæрхондоны куыст йæ тæмæны бацыди. — Æцæг ракалдтай, уæд æмæ уæд бедрайæ сырххуыз дон? — фарста радта сæрдар. — Æцæг ракалдтон, фæлæ дзы ахæмæй ницы уыд, — дзуапп лæвæрдта аптечы æфснайæг ус. — Ома дзы куыд ахæмæй ницы уыд? — Ома кæрчыты чи фæцагътаид, ахæм хъылмайæ, емынæ... — Уæдæ цæмæн фæцагъды сты? Стæй сырх цæмæн уыд дæ дон? — фарста дарддæр сæрдар. — Дон уыдис пъолтæ æхсæн дон. Сырх та уыдис уымæн, æмæ дзы иу банкæ ранхъæвзтон æмæ уымæй фæсырхбын æхсæнтæ дон, — дзуапп та -радта æфснайæг ус. — Дæуæн та дæ кæрчытæ кæд фæцагъды сты? — йæ цæстытæ фæцавта сæрдар Мыхъмыхъы цæстыты. — Куадзæнмæ ма æхсæз боны уыдаид, афтæ, — дзуапп рад- та Мыхъмыхъ, йæ худмæ кæсгæйæ. — Хорз, хорз... сбад! — загъта сæрдар. Мыхъмыхъ, йæ æРдæгбухайраг уæлдзармæй худ йæ къухæй æрсæрфтытæ код- та аемæ йæ бынаты сбадти. Мыхъмыхъы зæрдæ рухс уыди тæрхо- *1Ы ныхæстæй, уæлдайдæр та сæрдары ныхæстæй æмæ æнгасæй. ^ыхъмыхъ гуырысхойаг нал уыд, хъуыддаг кæй рамбулдзæн, аптекаен кæй стæрхон кæндзысты йæ кæрчыты аргъ бафидын,.. УУыл. — Исты ма зæгъдзынæ? — аптечы хицау Сæлимæтырдæм зкаесгæйæ, загъта сæрдар. -"- Зæгъдзынæн, — сцæйстгæйæ сдзырдта Сæлимæт! — Зæгъ, уæдæ, кæд ма исты зæгъинаг дæ, уæд, — йæ фарсмæ ^Ь1 тæрхоны лæгтæ бадтис, уыдонæй мæллæгдæрырдæм 35
бакæсгæйæ загъта сæрдар. Сæрдар йæхинымæр алыг кодта, а’ течы кусджытæ кæй сты аххосджын ацы хъуыддаджы, уы æмæ зæрдиагæй нал хъуыста, æрмæст архайдта, цæмæйтагъдда лыггонд æрцыдаид хъуыддаг, ууыл. — Цæвиттон, æз нæ исын аххос мæхимæ, стæй мæ кусæдя) дæр нæ нымайын аххосджыныл, уымæн æмæ мах, аптечы ку] джытæ, æфснайæг усы цур уæлæнгай ницы ныууадзæм. Хост цæмæй кæнæм, уыцы минералтæ æмæ зайæгойтæ арф æвæ| вæййынц æфсæн скъаппыты, уыцы скъаппыты дæгъæлтæ ] æдзухдæр вæййынц мæхимæ, мæ кусджытæм дæр сæ нæ дæтты! — йæ дзыппæй систа дæгъæлты дзыгуыр æмæ сæ батылд’ тæрхоны лæгтырдæм. — Маргæн афтæ ныууадзæн ницы хуызы ис. Цæттæ хост| та сты лагъзы æмæ уыдоныл дæр ис гуыдыр æвæрд, кæнæ та <] уæлхъус вæййы фармацевт — хосгæнæг. Не ’фснайæг ус ц банкæйы кой кæны, уый, æвæццæгæн, уыдаид марганецæй дз; æмæ уымæн сырх уыд, марганецæй дзаг дон та зиан нæ кæн| — уымæй кæрчытæ нæ амардаиккой ницы ’гъдауæй, — цæхга| æмæ хъæбæрæй загъта Сæлимæт. Ц — Æмæ уæдæ цæмæй хъуамæ амардаиккой? — йæ мидбы, ты бахудгæйæ, загъта сæрдар. Сæрдар æппындæр гуырысхо ц кодта, кæрчытæ аптечы хъылмайæ кæй амардысты, ууыл, æл^ зæрдиагæй дæр нæ хъуыста Сæлимæты ныхæстæм. | — Цæмæй амардысты — нæ зонын... æвæццæгæн, сæ низщ — йæ сæр банкъусгæйæ, дзуапп радта Сæлимæт. г\ — Ау, куыд сæ низæй, уæд мæнæ уый та циу, — зæгъгæ, | мидбылты зынæрвæссон худт бакодта сæрдар æмæ йæм до тырты æвдисæндар батылдта. I — Ам фыссынц дохтыртæ, низæй сæм кæй ницы ис, ун тыххæй, — загъта сæрдар æмæ та, йæ фарсмæ цы дыууæ тæрх| ны лæджы бадти, уыдонмæ бакасти радыгай. 1 — Чи зоны... — ивазгæ ныхас кодта Сæлимæт, йе уæнг| æрбалхъивгæйæ. | — Дызæрдыг, мыййаг, кæныс ацы гæххæттыл? — афарста I сæрдар. | — Гуырысхо дæр, цæуылнæ... рæдигæ алчи дæр кæны... ди| саг дæр уый у — æмæ æнæ исты низæй, æнæ цæфæй кæрчыт* фæцагъды уæнт! — йæ къухтæ ацæгъдгæйæ, дисхуызæй сдзыр^ та Сæлимæт. — Æнаххосæй мæлæт нæй... хъылма дæр низ у, уæдæ цы ) — сдзырдта та сæрдар, йе ’мбæлттæм бакæсгæйæ. — Æз ма йæ ноджыдæр зæгъын, аптечы кусджытæ ац 36
^уыддаджы аххосджын кæй не сты, уый. Мах ма адæмæн дæр куы амонæм, низæй тас кæмæй уа, уыцы бырæттæ дард ранмæ калын хъæуы, зæгъгæ, уæд уый куыд у... Мах марг калæм кæртмае? — мæсты кæнын байдыдта Сæлимæт. —- Æмæ йæ æфснайæг ус куы загъта, сырх цыдæр сæнхъæвзта бедрайы доны, зæгъгæ, — радзырдта та сæрдар æмæ та йе ’мбæлттæм радыгай бакасти. — Уый марг нæ уыдис... — Уæдæ цы уыдис? — Уый хос уыди — марганецы дон, — тызмæгæй загъта Сæлимæт. — Æмæ дæ уæдæ куыд фæнды? — афарста та сæрдар, ацы хатт лæугæйæ, æмæ та йе ’мбæлттæм йæ фæйнæфæрстæм ба- каст. — Æз курын, цæмæй, ацы хъуыддæгтæ чи зоны, ахæм лæг æрбакæнæм... тæрхоны эксперт, — загъта Сæлимæт. — Æмæ йæ кæцæй æрбакæнæм? — афарста сæрдар æмæ та йе ’мбæлттæм бакасти. —- Уый зын ссарæн нæу... Мæнæ Селекцион станцæ хæстæг у æмæ уым ис ахæм лæгтæ, фендзысты, уыцы сырх хос циу æмæ цавæр у, уый, — дзуапп радта Сæлимæт. Сæрдар аныхæстæ кодта йе ’мбæлттимæ, стæй сыстад æмæ радзырдта: — Иу сахаты бæрц нæ куыст фæуромдзыстæм, аптечы хи- цауы курдиат баххæст кæныны тыххæй, хъуамæ Селекцион станцæйæ схонæм лæг—эксперт кæй хонынц, ахæм, æмæ уал нымайын тæрхоны æмбырд æхгæдыл. Лдæм райхæлдысты ныхæстæгæнгæйæ. Сахаты фæстæ та тæрхоны лæгтæ сæ куыст байдыдтой. ~— Цы зæгъдзæн Селекцион станцæйы минæвар — тæрхоны Э1<сперт? — йæ бадæнæй сыстад, афтæмæй загъта сæрдар. -~ Æз æркастæн хъуыддагмæ, цы фарста мын сæвæрдтой Мæ размæ тæрхоны лæгтæ, уыдонæн сцæттæ кодтон дзуапп, — Загъта эксперт. """"■ Зæгъ, уæдæ? — сæрдар бакаст экспертырдæм æмæ йын Ч^стаей ацамыдта. -~- Цæвиттон, æз куыд сбæрæг кодтон, афтæмæй ацы сырх °**æй каркæн амæлæн нæй, кæд дзы фæхъæстæ сты кæрчытæ, Адæр сын ницы зиан æрхастаид. 37
— Уый хъæбæрæй зæгъыс? — афарста сæрдар. ■ — Тынг хъæбæрæй! — дзуапп радта эксперт. ! — Уæдæ цæмæй хъуамæ фæцагъды уыдаиккой? — афарста! тæрхоны лæгтæй иу, сæрдарæй ныхасы бар райсгæйæ. ] — Нæ зонын, уымæн дын ницы зæгъдзынæн, —загъта эксперт] — Ау, уæдæ сæ мæхæдæг ныццагътон? — мæсты хъæр фæкодЧ та Мыхъмыхъ. — Сабыр у, Мыхъмыхъ, ам тæрхондоны дæ! — дзæнгæрæв базмæлын кæнгæйæ, загъта сæрдар, йæхæдæг та дохтыры æвдис-] æндар гæххæтт систа, æмæ йæ экспертырдæм батылдта. — Дохч тыртæ фыссынц, низ сæм кæй ницы ссардтой хæдмæл кæрчытæм: уый тыххæй. — Ис бафæрсæн Бæтæджы-фырты? — йæ къух сдардта экн сперт. ( — Ис, — бар радта сæрдар. — Зæгъ-ма, дæ кæрчытæ цæмæй хæссыс? — Цæмæй сæ хæссын! Хор æмæ донæй, æндæр цæмæй! —I мæсты тъæлланг фæкодта Мыхъмыхъ. I — Мæсты ма кæн, хорз лæг, æз дæ æрмæстдæр фæрсга] кæнын, — сыбыргай загъта эксперт. Ч ’ — Æз дæр дын дзуапп дæттын, — тызмæгæй та загъта МыхъЛ мыхъ. ] — Цавæр хор сын дæттыс: хъæбæрхор, сысджы, мæнæу, æви нартхор? — йе ’нгуылдзтæй хорты нæмттæ нымайгæйæ, загътд Селекцион станцæйы минæвар. 1 — Раст æвзаргæ нартхорæй, — фæтъæлланг ласта Мыхъ^ мыхъ. 1 — Нæй йын фенæн уыцы нартхорæн? — сæрдарма| бакæсгæйæ, загъта эксперт. | — Цæуыннæ йын ис фенæн, æз ныртæккæ дæр сдавдзынæн.л Нартхормæ фау ничи æрхæсдзæн, уæлдайдæр ды, Хъамболатз (Хъамболаты хорз зыдта Мыхъмыхъ, уымæн æмæ иу ран куьв стой — Селекцион станцæйы). Æз æртæ минуты фæстæ сдав| дзынæн, мæ кæрчыты цы нартхорæй хастон, уымæй. Кæд уа фæнды, уæд. Сæрдар та цыдæртæ аныхæстæ кодта тæрхоны лæгтимæ стæй радзырдта: ! — Марадз, уæдæ, Мыхъмыхъ, сдав дæ нартхорæй, æрмæс рæвдз ус Мыхъмыхъ, æцæгæйдæр, цыппар минуты фæстæ тæрхондо ны балæууыди, йæ армы нартхор, афтæмæй. Нартхор бахаст; Мыхъмыхъ æмæ йæ сæрдары стъолыл æркодта. 38
Экспорт бацыди сæрдары стъолы цурмæ æмæ йæм сæрдар лдæр нартхоры нæмыджы ралæвæрдта. Селекцион станц- æйы минæвар нартхоры нæмыг йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ дæндæгтæй апырх кодта. Аууылдта нартхоры нæмыджы, фæстæмæ йæ райста йæ къухмæ, басмыста йæм, стæй уæд загъта: -- Мæ фыдыстæн, ай мах нартхорæй у, мыггаджы нартхор У? иу-цалдæр боны йæ маргæйдзаг доны фæдардтам, цæмæй йæм знаггадгæнæг хилджытæ ма уæндой... Æнæмæнг, кæрчытæ ацы маргдонæйдзаг нартхорæй фæхъæстæ сты... Нартхор та адавта махæй — Селекцион станцæйæ... Æз ма дис кодтон, нæ мыггаджы нартхор къаддæрæй къаддæр цæмæн кæны... Тæрхоны лæгтæ æртæйæ дæр сытадысты æмæ Мыхъмыхъмæ сæ цæстытæ ныццавтой. — Йæхицæн ын тæрхон хъæуы, йæхицæн. Мыхъмыхъæн, — давæг у, — райхъуыст ныхæстæ тæрхондоны залæй. — Æнæмæнг, æнæмæнг, — радзырдта сæрдар. Мыхъмыхъ цавддурау фæцис, йæ сæр уæрджытыл æрхауд æмæ бадгæйæ баззад исдугмæ. Хъуыды ма кодта, тæрхоны лæгтæм æмæ тæрхондоны цы адæм æрæмбырд, уыдонмæ æнæ фемдзастæй куы аирвæзид, ууыл. "Мах дуг," 1953, № 9 39
^^^^^^^^^^^^^Д^^^^^^^^^^^^^^^^^ш^^^^«««иа' КОЧЫСА ТЫМухарбег САУ ЦÆСТЫТÆ Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон... Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!.. Æхсæв сæ стъалытимæ барстон, Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд. Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой, Мæнæй фæлыгъдысты тæргай, Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой: "Хæрзæбон! Хорз амонд дæ хай!" Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн, Æмæ кæд ферох кодтой мæн, Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй Мæ зæрды баззади мæнæн. Тæхуды, абон та кæй тавынц Сæ рухсæй, хъарм хурау, фæлмæн! Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц, Куыд уарзтой цард-уалдзæджы мæн!.. 'Мах дуг," 1939, №
КАЛОТЫХазби УАЛДЗЫГОН ÆХСÆВ Даргъ фæзты бамбæрзта æхсæв йæ тарæй. Æртæхæй кæрдæг ныххуылыдз, Хъуысы сыбар-сыбур хъæды æндарæй, Æврæгътæ фæлмы ныгъуылынц. Иугæйттæ сталытæ бахудынц дардæй, Мигътæ æнæ зынгæ тайынц, Лæнчыты суадæттæ се ’нусон зардæй Химæ лæджы хъуыды сайынц. Быдырты улæфын хъустыл æндзæвы, — Сабыргай уæлдæфы ризы. Уалдзыгон цинæйдзаг милджын æхсæвы Зæрдæмæ адджынад хизы. «Мах дуг», 1939, № 1 Комы уазал сау æхсæв æрхуыссыд, Арвæй рахауд мигътæм уæлæ мæй... Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон, Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй? Дон фæйлауы... дон мæстыйæ ниуы, Къæйтыл райсом — урс фынкæй тæмæн... Сауцæст, саудзыкку цæры мæ риуы, Сауцæст басаста мæ тых мæнæн. 41
Зæрдæ — сайд, фыдуаг сæнттæ нæ сысынц, Зæрдæ ацыд, ахицæн мæнæй... Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон, Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй? Æхсæв дæ дзыккутау куы ’рхауы, Йæ тæрф фынтыл куы вæййы зæхх Æмæ фæлмæсты цæстыхаутау Куы суымæл кæны хъæды ’ртæх. Уæд æз мæхинымæр фæзæгъын: «Тæхуды, фен ма дæ æрмæст, Æрбад дæ уалрудзынг æртæхау, Æртæхау рудзынгыл æрлæс!..» «Мах дуг», 1955, № 42
БАЛАТЫТембол РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ Ис цард, ис фарн, ис амонд, æндæртæ... Ис хо, æфсымæр, мад æмæ фыд. Кæд уыдон уарзын бирæ, уæддæр дæ Фылдæр æз уарзын, уарзгæ дæ цыт. Ды куы дæ, ды мæ ахсджиаг, мæхион, Ды куы судзыс мæ зæрдæйы арт. Дæуыл мæхи мыййаг æз куы с’ ивон, Уæд мын иу бон дæр макуы уæд цард. Уæд-иу æваст мæ дуне ныттар уæд, Æрхуыссæд-иу æнкъардæй мæ хур. Зæххыл-иу мын æнцойдзинад ма уæд, Мæ зæрдæ дæр-иу фестæд уæд дур. Цы сты мæ худт, хъуыдытæ, ныхæстæ, Цы сты мæ ном, мæ хъару, мæ кад? — Æрмæстдæр ды мæ Райгуырæн бæстæ, Æрмæстдæр ды — мæ уарзондзинад! "Мах дуг" 1950, № 8 4а
ДАРЧИТЫДауыт Хæрис æркъул кодта йæ хихтæ, Йæ сыфтæртыл æрбадт æртæх, Йæхимидæг фæкæны джихтæ, Цыма йыл сæмбæлди бæллæх. Цымæ йыл уагæры цы ’рцыди? Цымæ цæмæн калы цæссыг? Фыццаг йæ талатыл хæцыди, Цæуыл кæны ныртæккæ хъыг?.. Йæ цуры кæд салдат æрбадти, Цынæ вæййы, æвæдза, цы, Æмæ æвиппайды фæмард и Æдзардæй тугкалæн хæсты. Дæ сæр цы ’руагътай ды дæ риуыл? Гыццыл фæхæц, гормон, дæхиуыл, Гыццыл, гыццыл, хæрз гыццыл, цæй, Кæмæн ис ирвæзæн зынтæй!.. «Мах дуг», 1958, № 6 %^**ь 44'* 44
«г* СИДАХЪТЫСимон БАРÆГ Фæндаг комырдæм фæуырдыг... Гакъоны фæхæрд... Ехсы ныкъкъæрцц, бæхы хуыррытт.. Цæфхæдты цæхæр... Сау нымæты сау базыртæ Систой барæджы... Иу зилæн ма: ф’ аууон уыдзæн Комы нарæджы. Хур фæкъул и. Асæстытæ Бæрзæндтæм,лæсынц... Афонмæ та сау цæстытæ Фæндагмæ кæсынц. «Мах дуг», 1950, № 7 45
МАМСЫРА ТЫДæбк АЛХÆСТЫ УСКУЫРД I Радзырд 1 — Цы диссаг ис мæ хабары, нæ зонын. Алкæмæн дæр, бах| тыр кæнут, фæлæ бинонтæ ссарын куыд æмбæлы, æз дæр ш афтæ ссардтон. Кæд скъæфт рауад, уæддæр мæн аххос нæ уыдга искæй нæ асхуыстон, искæй дуæрттæ нæ басастон. Афтæ ра| адис хъуыддаг, æмæ йын цы бачындæуа, — æмæ цыма йæ нш хас ууыл фæцис, ахæм хуыз равдыста Алхæст. I — Адæмы хатырæй, дæ ног бинойнаджы хатырæй, радзур Л нын, хабар куыд рауад, уый, — куырдтой Алхастæй йе ’мбæлтт! — Уæдæ мæ кæд нал ныууадздзыстут, уæд афтæ рауадис м| хабар. Бадын иу изæр нæ хæдзары. Уалынмæ нын нæ дуар чидæ| æрбахоста. Нана фæцырддæр æмæ уазæгмæ ракаст. Чысьн рæстæджы фæстæ æрбаздæхт æмæ мæм дзуры: 1 — Лæппу, дæлæ дæм æддейы цавæрдæр уазæг дзуры æма йæм акæс. I — Нæхи хъæуккаг, зæгъын, у æви æндæр хъæуккаг? | — Нæхи хъæуккаг, — зæгъы, — нæу, фæлæ йæ цыма фенд тытæ кодтон, афтæ мæм кæсы. 1 — Æмæ йæ уæд мидæмæ цæуылнæ хуыдтай! 1 — Кодтон æй, — зæгъы, — æмæ мын нæ бакуымдта. 1 Рацыдтæн уазæгмæ, уæдæ цы уыдаид. Мæйы рухсмæ нæ кау| рæбын, уынджы лæугæ ауыдтон цавæрдæр нæлгоймаджы, йа сæрыл бæрзонд бухайраг худ. Хæстæгдæр æм бацыдтæн, æм| мæ уазæг разындис рæбыныхъæуккаг, Ногъаты Хъуыдайна! зонут æй, иу хъазт æмæ иу куывд дæр нæ уадзы æнæ хъаугъ! айæ. Лæууы Хъуыдайнат кауы рæбын. Кæсын, æмæ йæ цырыхъ! хъыты æмпъузæн зиллактæ мæйы рухсмæ тæмæнтæ калынц. ’ — Мидæмæ нæм, — зæгъын, — рацу, Хъуыдайнат, дуарма цæмæн лæууыс? Колхозон хæдзары ^ы вæййы, уымæй дæ сбун кæндзыстæм, зæрдæйæ дæр дыл ба ^ин кæндзыстæм. | 46 1
— Мидæмæ мын, — зæгъы, — цæуæн нæй, фæлæ дæм ахс- д>киаг хъуыддаджы тыххæй фæзындтæн. Кæд лæгæн искуы стыр #ххуыс бакæнинаг дæ, уæд мæ уыцы æххуыс бахъуыд дæуæй. — Табуафси, — зæгъын, — Хъуыдайнат, адæймаджы мæ сæр Х0Р3 хъуыддаджы куы бахъæуа, уæд мæхи иуварс нæ алас- дзынæн. Хъуыдайнат мæм йæхи хæстæгдæр æрбаивæзта æмæ, цыма искæмæй фехъусынæй тарст, афтæ сусæгæй дзуры: — Алхæст, даргъ ныхæстæ кæнынмæ мын рæстæг нæй, фæлæ мæ хъæуыс дæ машинæимæ чызг скъæфынæн. — Уый та, — зæгъын, — куыд чызг скъæфт у? Хъуыдайнат йæ дзыхы дзаг ныххудтис." — Скъæфгæ нæ кæнын, скъæфгæ, фæлæ афтæ... скъæфты хуызы... Чызджы йæ ныййарджытæ нæ дæттынц, ралидзын та йæ сæрмæ нæ хæссы æмæ йæ скъæфæгау куыд акæнон, афтæ йæ фæнды. — Чызг дын йæхæдæг зæгъы? Афтæ бирæ дæ уарзы? — Уæдæ дын цытæ дзурын, цытæ? Хетæджыстæн уадзгæ дæр æй ныккæнин, уарзондзинад йеддæмæ ма исты у? Фæлæ чызг батад æмæ баруадис, æхсæв ыл хуыссæг нал хæцы, йæхи æхсы йæ цæссыгтæй. Куы йæ ныууадзон, уæд йæхицæн исты фыдбы- лыз куы бакæна, уымæй дæр тас у. Æз æм хъусын, кæсын æм æмæ мæхинымæры хъуыды кæнын: "Мæгуыр у, дæу афтæ чи бауарзта, уыцы чызг". — Йæхи марын ма бауадз уыцы чызджы. — Уый дæуæй кæнгæ у. Кæд мын феххуыс кæндзынæ, уæд фервæздзæн, кæннод ын йæхи æнæ маргæ нæй. — Æмæ йæ скъæфгæ та дардмæ кæнут? — Цæй дардмæ, цæ? Дæлæ Хъæдгæронмæ ныууайдзыстæм æмæ уым хъæусоветы йæ къух авæрдзæнис, æмæ хъуыддаг фæцис. — Уæд æй хæсгæ та кæцæй кæнут? — Горæтмæ цæуыны æфсон райсом фæндаджы былмæ рац- æУДзæнис æмæ нæм уым æнхъæлмæ кæсдзæни. — Кæд чызг йæхæдæг фæндаджы былмæ рацæудзæн, уæд æЦæг хъуыддаг конд у, — зæгъгæ, йыл баууæндыдтæн æмæ загътон Хъуыдайнатæн: — Кæд хъуыддаг афтæ у уæд-иу рай- е°м раджы бухгалтеримæ бафид машинæ тæрæггаг. —- Бухгалтеримæ! — фæтарстис Хъуыдайнат, — æмæ мын Чь1зг скъæфынæн машинæ дæттынц?! — Чындз хæссынмæ мæ хъæуы, зæгъгæ, сын зæгъ. Куыд ^3Урыс, афтæмæй дæ хъуыддаг чындзхаст у. Хъæдгæронмæ уæ . 47
ныддавдзынæн, чызг йæ къух авæрдзæнис, æмæ хъуыддаг фæцэд — Уый афтæ у, бæргæ... Фæлæ мæ æхца дæхæдæг куы ай сис... Цы æмбæлы, уымæй дын фылдæр дæр раттин. I — Афтæ бакæнын мæ бон нæу... Бухгалтеримæ бафид. Каа . дын нæ фаг кæна æхца, уæд дæм мæхæдæг дæр фæкæсдзынæ! Райсом сæумæцъæхæй ам æрбалæууыд Хъуыдайнат. Бафыстя æхца машинæйы тыххæй. Абадтыстæм æмæ уайтагъд Рæбыныхъæ ды балæууыдыстæм. Уым нæм æхсæз лæппуйы æнхъæлмæ касты сты. Фæдызæрдыг дæн æмæ фæрсын Хъуыдайнаты: 1 — Чызгæн йæхи кæм фæнды, уым дæ, — зæгъын, — афт! бирæ чызгхæсджытæ цæмæн хъæуы? I — Уыдон чындзхæсджытæ сты, чындзхæсджытæ та хъуам] бирæ уой. I Баууæндыдтæн та йын йæ уыцы ныхасыл дæр. Фæлæ Хъуы дайнат кæдæмдæр куы ауадис, уæд фæрсын лæппуты: I — Афтæ æмæ, — зæгъын, — афтæ, æз дæр уемæ дæн, ист| ныхасаг æрцыдис, уæд иумæ дзуапп дæтдзыстæм æмæ мын бам барын кæнут: — хъуыддаг тыхæй кæнгæ у, æви чыздж! фæндонæй афтæ конд цæуы? Мах дæр, дам, ын дæуæй хуыздæр ницы зонæм. Йæхæда^ абаддзæн чызг машинæйы, зæгъгæ, зæгъы, æмæ кæд æцае?! йæхæдæг схиза машинæмæ, уæд хорз, кæннод æм махæй нич!| бавналдзæн. '| — Уый та цæуылнæ, — зæгъгæ, сæм дзурын хъазгæйæ, -| машинæмæ куы хиза, уæд ын феххуыс кæнын хъæудзæн, афт| амоны æгъдау. Мæ машинæ бæрзонд у æмæ йæм зын хизæн | Уалынмæ Хъуыдайнат кæцæйдæр лæфлæфгæнгæ æрбахæцц| æмæ нæм фæхъæр кодта: — Тагъд машинæйы бадгæут æмæ цом! Иу чысыл куы рауадыстæм, уæд кæсын, æмæ нæ разæ^ фистæгæй цæуы цавæрдæр уæнгджын сылгоймаг дæргъытæ дар] къабайы, хъулон зæлдаг сæрбæттæны, фæлмæн сырх дзабы ты, йæ рахиз къухы чысыл чумæдан... Уæдмæ сылгоймаджы баййæфтам. Чидæр сæ кабинкæйы с æрхоста. Æз дзыхъуырæд фæкодтон. Сылгоймаг нæм рака æмæ уæ бауырнæд, фæуадзыгмæ мæ бирæ нал хъуыдис... Бах тыр мын кæнут, фæлæ сылгоймаг мæхи Тамарæ разындис... ^ Рагæй уарзтон Тамарæйы æндæр хъæумæ... Фæлæ... Цыд æриддæр уыдис, уæддæр мæ ускуырды хъуыддаг бакæньп куыддæр сфæнд кодтон, афтæ цы чызгскъæфты кой кæнын уым фæдæн. Кæсын Тамарæмæ æмæ дистæ кæнын: куыд. бауарзта ахæг 48 I
х#рззонд, æд уынд, æд хъару чызг Хъуыдайнаты хуызæны? У^ви йæ зонд фæцыд... Кæд, зæгъын, мæхи зонд фæцыд, Та- марзе чи у, уый хорз нæ базыдтон, рæдыдæй йæ бауарзтон. Тамарæ Хъуыдайнаты кæй бауарзта, ууыл та уымæн бау- уæндыдтæн æмæ нæ фæтарст, машинæ йын йæ разы куы фæурæд- там, уæд- Иу ран лæууыдис æмæ йе стыр цъæх цæстытæй кас- тис, машинæйы гуыффæйы чи бадтис, уыдонмæ (мæн кабинкæмæ нæ уыдта). — Схиз машинæмæ, Тамарæ, — зæгъгæ йæм дзуры гуыф- фæйæ Хъуыдайнат. — Уый та цæмæн? Сымахимæ куынæ рацыдтæн, — зæгъгæ, дзуры Тамарæ. —- Махимæ нæ рацыдтæ, фæлæ дын дарддæр махимæ цæугæ у. — Уæ фæндаг дарут. Мæнæн фистæгæй дæр нйцы у. "Ныхас æппарæн ма кæнынц кæрæдзимæ æфсонæн, æндæр разы у Тамарæ", — хъуыды кæнын, Тамарæйы æнцад æнгасмæ кæсгæйæ. Уалынмæ машинæйæ æргæпп кодта ХъуыдайнЪт. Бацыд Та- марæмæ æмæ йын къухæй машинæмæ ацамыдта, афтæмæй йæм дзуры: — Тагъд схиз машинæмæ! Фæстиæттæм нæ не ’вдæлы. . — Тагъд дæхæдæг æнæмастæй машинæмæ схиз, хомбыл, — фæхъæр ыл кодта Тамарæ дæр, — æз дæу хуызæттимæ иу ма- шинæйы цæуын дæр мæ сæрмæ нæ хæссын! "Цæвиттон, асайдтой мæ, Тамарæ разы нæу, скъæфынмæ йæм рацыдысты. Мæхи мæ цæттæ дарын хъæуы... Авдимæ иунæгæй зын хæцæн уыдзæн, фæлæ сарæхсын хъæуы", — афтæ хъуы- дытæ кæнын, дарддæр цы уыдзæнис, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уалынмæ Хъуыдайнат фæлæбурдта Тамарæйы цонгмæ. Ты- хыл кæй уыд хъуыддаг, уый дызæрдыггаг нал уыдис. Кабинкæйæ рагæпп кæнон, зæгъгæ, загътон, фæлæ мæ дуары æхгæнæн фер- хæцыд æмæ ууыл архайыныл фæдæн. Фæкастæн та сæм, æмæ Тамарæйæн ницы у, фæлæ Хъуыдайнатæн йæ фындзы туг кæлы лæсæнтæй, сахуырстис дзы йæ цæсгом, фесæфта йын йæ иунæг Урс хæдон æмæ Тамарæйæ йæхи атоныныл архайы. Тамарæ та иæ ласы машинæйырдæм æмæ йын дзуры: — Сбад, хомбыл, дæ машинæйы æмæ æнæмастæй дæ ХаЗДзармæ цæугæ кæн! Хъуыдайнаты æмбæлттæ сын сæ хъуырдухæнмæ æнцад ^сынц. Кæсын сæм æз дæр æнцад. Зæгъын, кæд æмбæлттæ не ^налой, уæд дзы Тамарæйæн йæхи фаг куыст дæр нæй, мæн ^хуыс та ма дзы кæцырдыгæй хъæуы... [ах луг № 5, 1999 49
Кæсæм сæм дарддæр, æхца фидын дзы куы нæ хъуыдис мыййаг: афтæмæй комедийæ диссагдæр куы уыдысты, уæд сæа цæуылнæ кастаиккам! Машинæмæ Хъуыдайнаты ивазгæйæ йын, мæгуыр, Тамарæ йæ тæнæг урс хæдон рафаринтæ кодта. • — Ныууадз æй, цæй, Хъуыдайнат! Тыхы дзырдæй куы нае рацыдыстæм, — зæгъгæ, йæм дзуры гуыффæйы бадджытæй иу; Цæмæй зоны, Тамарæ йæ йæхæдæг нал уадзы æнæ машинæйь! сæвæргæйæ, уый? Тамарæ та йæ ивазы, æмæ йын Хъуыдайнать) хæдон куы иу ран фескъуыны, куы иннæ ран. 4 Иу хатт йæхи атыдта Тамарæйæ Хъуыдайнат. Йæ хæдоны æрдæг дысимæ аззад Тамарæйы къухы, æмæ"*йæ иу фарсæи буар бынтон гомæй аззад. Иннæ фарс дæр бирæ æмбæрзтдæд нал уыдис. I Иуфарс алыгъд Хъуыдайнат, йæ дзыппæй чъизи къухть] кæлмæрзæн систа æмæ дзы йæ фындзы хуынчъытыл хæцы| йæхæдæг хъуыды кæны, цы кæна, ууыл. ! Исты ма йæм куы бавнала Тамарæ, уымæй тæрсгæйæ, ка-| бинкæйæ рахызтæн. Мæн куы ауыдта Тамарæ, уæд сагъдауæй баззад æмæ мæм иу дзæвгар джихæй кæсы. Бакæсы Хъуыдай-1 натмæ дæр, скæсы гуыффæйы бадджытæм дæр. Стæй йæхй! æрбамæстыхуыз кодта æмæ мæ фæрсы: | — Зæгъ ма мын, хорз Алхæст, цы хъуыддæгтæ сты адон? 1 — Кæнгæ сæ ды бакодтай, — зæгъын, — афтæмæй дзьи фæрсгæ та мæн куы кæныс? 1 — Æмæ дæм куыд кæсынц? Хорз хъуыддæгтæ сты? I — Хорз, — зæгъын, — бæргæ не сты, фæлæ, æвæццæгæн| хуыздæр нæ сарæхсыдтæ... Фæлæ сбад уæртæ кабинкæйы æма| дæ фæндаг цы ранмæ уа, уыцы ранмæ дæ бахæццæ кæндзыстæм! Марадз, схиз æмæ сбад ды дæр, Хъуыдайнат. 1 — Уæ фæндаг дарут... Фæлæ... — йæ ныхас кæронмæ нал] бахæццæ кодта Тамарæ... 1 — Уанцон нæу, — зæгъын, — Тамарæ, нæ фæндаг иу, над кабинкæйы бынат уæгъд æмæ дæ афтæмæй фистæгæй цæуык! нæ ауадздзыстæм. Ц — Цæуын, фæлæ дарддæр дæр цы бакæнат, уый дæр фенЦ дзыстæм, — зæгъгæ, фæкодта Тамарæ, йæ гыццыл чумæдаД фелвæста æмæ кабинкæйы фæмидæг. 1 Уæд мыл иуфæрсты йæхи æрбаскъæрдта Хъуыдайнат йае| фындзыл хæцгæйæ æмæ мын мæ хъусы æрбадзырдта: щ — Хъæдгæронмæ фæзилæн фæндагмæ куы ныххæццæ уай,| уæд-иу уыцырдæм цæв, дæ цыд ма фæсабыр кæн, афтæмæй, —1 йæхæдæг гуыффæмæ сбырыдис. I 50 1
/Ез дæр кабинкæйы сбадтæн, педальтæ фелхъывтон, мотормæ ]3 дзæбæх радтон æмæ тæхæм. Хæцын рулыл, кæсын размæ, сьæлæ мæ цæсты тигъæй дзæбæх уынын Тамарæйы. Уый мын дзурын райдайын æнхъæл уыдис æмæ йæхи мæсты хуыз дард- та. Стæй мæм хæрз æрæджиау мæстыйæ æрбакаст æмæ загъта: — Æз дын куыд хорз лæппу æнхъæл уыдтæн, афтæмæй мæнæ ахæм митæ кæнын худинаг у. — Цы кодтон, — зæгъын, — уагæр, æмæ мæ афтæ цæмæй æфхæрай? Рæдыд алкæуыл дæр æрцæуы... Мæныл дæр ацы рæдыд æрцыдис... — Æмæ ды цыфæнды фæуы... Æз мæхи дзæгъæдьгæфхæрын никæмæн бауадздзынæн... Фæлæ кæйдæр лæппумæ бавнæлд- тытæ кодтон æмæ уый худинаг у... —"Бавнæлдтытæ"-иу æй рахон, чи дæ нæ федта, уыдонæн, ныр та йæ "ранадтон", зæгъгæ, дзурын хъæуы. — Дæ æппынæдзухы худæн ныхæстæ ма ныууадз... Æз мæстæй тонгæ кæнын... — Æмæ, — зæгъын, — мæсты кæнын кæмæн æмбæлы, уыдон куы уромынц сæ маст! — Цы зæгъдзысты адæм, æнæхъæн лæджы афтæ кæй бафх- æрдтон, уый сыл куы айхъуыса, уæд? Цавæр фурдтæ ма мын аласдзысты мæ худинаг. Ды та дæхи кабинкæйы æмбæхсгæ ба- кодтай... Цæуылнæ равдыстай дæхи раздæр? — Æмæ, — зæгъын, — æдылы дæн, мæхиуыл Хъуыдайнаты бон кæнын кодтон? — Дæ хъуыддаг æгъдауæй куы кодтаис, уæд дын ницы загъ- таин... чи зоны... Фæлæ тыхы фæдыл кæм æрцыдтæ, уым дæ хъару æмæ дæхæдæг. Уыцы ныхасмæ та руль мæ къухты фестъæлфыдис, машинæ куветмæ дæр фæзылд, фæлæ йæ уайтагъд фæндагыл раст фæцар- æзтон... Нырма ныр бамбæрстон, Тамарæ скъæфæг мæнæн æнхъæл кæй у, уый. Хъуыддаг куы бамбæрстон, уæд кæлкæлæй худын байдыдтон. Æз худын, Тамарæ та мæсты кæны. Æз худын, Тамарæ мæстæй тъæпп хауы... Мæ худæг бауромын мæ бон куы бацис, уæд Тамарæйæн радзырдтон, куыд мæ асайдтой, æмæ хъуыддæгтæ куыдтæ ра- Уадысты, уыдон иууылдæр. Кæсын æмæ дын мæ Тамарæ æрынкъард, ныхас нал хауы йæ Азыхæй. Уалынмæ Хъæдгæронмæ фæзилæн фæндагмæ фæцæйхæццæ к°дтам, æмæ та мæ кабинкæйы сæр ныггыбар-ггыбур кодта. Хъу- 51
ыдайнат мæ кабинкæйы рудзынгмæ йæ сæр æривæзта æмæ мæУЗ сусæгæй дзуры: 3 — Хъæдгæронмæ цæв! Хъæдгæронмæ цæв! I Æз газ тынгдæр радтон æмæ æмраст Салыгæрдæнмæ скъæрыш машинæ. Машинæйы уынæримæ мæ хъустыл уайынц Хъуыдай-1 наты ныхæстæ: "Хъæдгæронмæ цæв! Хъæдгæронмæ цæв! Хъæдгæронмæ! Дæ зонд фæцыд, æви къуырма бадæ?» Стæй йЩ бон куы базыдта, уæд кабинкæйы сæр дæр нал хоста æмæ ныхъ^! хъус. 1 Уалынмæ бахæццæ стæм Салыгæрдæнмæ, æмæ мæ машинæ! тæккæ милицæйы раз баурæдтон. Тамарæ кабинкæйæ рахызтд Рахызтæн æз дæр. Æргæпп кодта гуыффæйæ Хъуыдайнат дæря Йæхи Тамарæйæ дард ласы æмæ мæнмæ дзуры, мæстæй сыф-1 сыф кæнгæйæ: 1 — Зæгъ, ма мын, Алхæст, цы хабæрттæ сты адон? Æз дын| Хъæдгæронмæ цæв, зæгъгæ, куы загътон. I — Гъо, æмæ уæ, зæгъын, Хъæдгæроны хуыздæр срегистрацш кæндзысты районы ЗАГС-æй? Ам хæстæг хъуамæ уа искуы! ЗАГС. Ныртæккæ уæ, зæгъын, арегистраци кæндзыстæм. Уæвгæ,] дæ дарæс усгуры дарæсы хуызæн нал у, фæлæ уый ницы кæны,] ЗАГС-ы дарæсмæ нæ кæсынц, фæлæ зæрдæйы уарзондзинадмæ.1 Цом, кæм ис, уымæй афæрсæм, загътон æмæ мæхæдæг милиц-] æйы смидæг дæн. ) — Ахæм æмæ уæм ахæм "цæргæсы" æрбахæццæ кодтон æмæ.1 мæ уæ распискæ дæр нæ хъæуы, афтæмæй йæ айсут, — зæгъгæ,] сæм дзурын. | Рацыдысты милицæйæ Хъуыдайнатмæ. 1 — Саккаг нæм кæн, — зæгъынц, — хорз лæппу, мидæмæ, дæ^ бынат цæттæ у. \ Бамбæрста Хъуыдайнат, цы йыл æрцыд, уый. Бамбæрста,^ аирвæзæн ын кæй нал ис. 1 Мæсты дзагъул ма бакодта йе ’мбæлттæм æмæ сæм> æфхæрæгау дзуры: "Æмбæлттæ стут, æмбæлттæ сымах дæр!' Ирон лæппутæ! Карчы цъиуæн дæр ницы уæ бон у". Стæй мæнмæ^ дзуры: — Дæуæн та афтæ зæгъын, Алхæст, æмæ цалынмæ мæ( уд мæ мидæг уа, уæдмæ дын ацы хъуыддаг нæ ферох кæндзынæн... Уæ бухгалтерæн та зæгъ, машинæйæн цы æхца бафыстон, уыдонæй мын иу капекк дæр куыд ницы фæкæна, афтæ. —>Лæг дзæбæхдзинад куы рох кæна, уæд, — зæгъын, — уый хорз нæу æмæ мын мæ хъуыддаг дæ зæрдыл куы бадарай, уæд дæхицæн дæр пайдадæр уыдзæнис. Де ’хцайььтыххæй та дын 52
цыхас нæ бухгалтерыл сæмбæлын кæндзынæн. Фæлæ цыма къухы нал бафтдзысты, афтæ мæм кæсы. * Дкодтой Хъуыдайнаты мидæмæ, уæдæ цы уыдаид. Æз > дæхтæн æмæТамарæмæ дзурын. ^- Æнæбары оасастæ, Тамарæ, фæлæ кæм басастæ, уым ЗДГС-мæ куы бакæсиккам, уæд хорз уаид. — Уый та дын цы ныхас у? _- Нæ къухтæ дзы, — зæгъын, — æрæвæриккам. Уæлдай хатт ма йæм цæмæн цæуæм? Скъæфджытæ дæр хъуыддаг бамбæрстой æмæ йæм ныллæу- уыдысты: — Мах де уазæг, Тамарæ, фыдæбон фæкодтам, æмæ нын нæ цыд ма фæдзæгъæл кæн. Бирæ рæстæг нæ разы кодта Тамарæ, стæй фæстагмæ загъ- та: — Æмæ нæ хæдзар ахæм хъуыддагмæ рæвдз куы нæ у, уæд ын куыд бакæнæн ис? — ЗАГС уал, — зæгъын, — скæнæм, уæлдай хатт нæ цæуын куыд нæ хъæуа, афтæ, стæй чындзæхсæв кæд кæнæм, уый нæхи бар уыдзæнис. Скодтам ЗАГС, уæдæ цы уыдаид? Амондджынæй рацыдыстæм уыцы амондджын уатæй. Сбадтыстæм машинæйы. Газ радтон æмæ рараст стæм. Тæхы машинæ. Уæлейы чызгскъæфджытæ чындзхасты зарæг кæнынц. Афтæ рауадис мæ чызг скъæфт. Æмæ дзы диссагæй уыйбæрц бæргæ ницы ис, фæлæ адæммæ цæмæй диссаг фæкаст, нæ зо- нын... Иæ сатæгсау хæлар, æфсæрмыхуыз цæстытæй та йæ æмбæлттыл йæ цæст ахаста Алхæст, æмæ йæхи цæсгомыл дæр фæзындис фæлмæн мидбылхудт. "МахдуЛ 1953, № П 53
ЧЕХОЙТЫ Сæрæб\ ЛИРИКОН РÆНХЪЫТÆ 1 Цардæй æз лæвар хæрзтæ нæ домын, — Æз мæ тыхтæн нал арын фæрæз. Цардæн йе ’мбæрц н ’ацæрдзынæн, зонын, Фæлæ йе ’мцыд акæндзынæн æз. Нæ хъары кæд Дæ зæрдæмæ мæ цинад. Мæ зарæг уæд Цæмæн хъæудзæни дæу? Цы зарæджы нæ уа рæстдзинад, Уый заринаг дæр нæу. 3 Æмдзæвгæйы тыххæй æмдзæвгæ нæ фыссын, Йе чиныг, мæ номæй нæ хъазын. Нæ сæрибар адæм цы ног цардмæ бырсынц, Æз дæр уый нæ адæмау уарзын. Цæуылты фæриссын, цæуылты фæтыхсын, Цæуылты фæцин кæнын бирæ. Æз уыдæттæ уарзын, æз уыдæттыл фыссын, Хæс уыдонæй дарын нæ Ирæй.. Æз уарзын нæ зонын ныхæстæй кæйдæртау, Æз уарзын зæрдæ ’мæ хъуыддагæй. Æз не сцырын кодтон мæ пъеро уæдæрттау, • Нæ цæрын мæ пъеройæ рагæй. 54
Дæхи ма-иу айваз, — цæй бæрц у дæ хуыссæн, Ысчъизи кæн куысты дæ къухтæ. Йæ хъуыддаг кæмæн нæу йæ ныхасы хуызæн, Уый адæмы сайы æдзухдæр. "Мах дуг", 1958, № 1
I ЦЫРЫХАТЫМих^ УАЛДЗЫГОН НЫВ Арвы фыццаг нæрдæй уалдзæг ферхæцыд, Ададжы байсысти миты цæссыг. Бæласы къалиутыл уалдзæг фæхæцыд, — Ногдзыд сыфтæртыл æрцауындзæг сыг. Зæххы цъæх балымæн хуры тынтимæ, Суадæтты зарджытæй байдзаг и ком. Уарзын дæ, рухс уалдзæг, ахæм хуынтимæ, Æмæ дын алкæд дæр зæрдæ у гом... ХУРВÆРДЫГ Æхсæв баруад, æмæ бон Арвыл хурвæрдыг ныййардта, Уый æрттывдæн ма кæрон Кæмтты чи æмæ кæм ардта! Далæ адæгты ныттыгъд Хæхтæй денджызмæ æндæхтæ, Саппыл кæрдæгыл ыссыгъд Урс арт райсомы æртæхтæй. Фестад мин фæндыры хъæд, Мин хъæлæсæй хъæд æрцагъта: «Ноггуырд амондджын фæуæд, Уымæй цинæфсæст — сымах та!». «Мах дуг», 1987, №'|
ТУАТЫДауит ХАТУЙЫ ХÆДЗАР КУЫД НЫККАЛД Радзырд ЛТ\ айстон билет автостанцæйы кассæйы æмæ сбадтæн \г-^ автобусы. Кæсын — адæм дзы хæрз гыццыл: иу -Й* чызг, иу лæппулæг, иу сывæллонджын ус, иу хъæу- уон зæронд лæг. Лæппулæг шофыры фарсмæ æрбадт æ;мæ хъазгæ, худгæйæ ныхас кæнынц. Дзурынц, куы хъæрæй, куы сусæгæй. Бæрæг у, хæлæрттæ, йе та хорз зонгæтæ кæй сты, уый. Æз сæ фæстæ бадт фæдæн æмæ мæм сæ сусæг ныхас дæр райхъуысы. Шо- фыр Хату кæй хуыйны, лæппулæг Ханджери, уый дæр базыд- . тон. — Æмæ? Бирæ ма хъæуы дæ хæдзары сцæттæмæ? — фæрсы Ханджери Хатуйы. —- Æрдæгарæзт у. Раст зæгъгæйæ, дзаума æлхæд дæр мын иæма ис. Шифанер, диван... гауызтæ. Хъуамæ йæ хорз сфæлгонц кæнон, мæ хæлар. Зæрдæ дзы рухс куыд кæна, афтæ, — дзуры сæрыстырæй Хату. — Æнæуи дæм исты хауы, исты? Уæ тагъд мыздæй хæдзар скæнæн нæй! — Вот тебе на! Мæ пълан мæнæн конд у. Авд, аст туманы цы рейсæй не схæссон, уый æз нымайгæ дæр нæ кæнын. Мызд та циу? — Закъускæ! — дзырдта та Хату. — Абон дæ пълан куынæ сæххæст кæнай, уымæй æдас нæу. Лфтид у дæ автобус. —- Гыццыл уал ауайæм. Æндæр та йæ æз айдзаг кæндзынæн. ^^ "пълан" дæр та фæуæлдæр уыдзæн, — сусæгæй та дзырдта Хату. — Цæуæм уæдæ, Хату. Афон у! -— Цæуæм, Ханджери! Скуыста мотор. А-ныр фезмæла автобус, афтæ ма иу пасса- 57
жир æрбауад. Сбадт. Рæстæмбис ацæргæ уырыссаг лæг. щ уæлæ плащ, йæ сæрыл фетрæй худ, йæ къухы партфель. Дзæбæх, зæрдæмæдзæугæ лæг уыд, фæлæ нæ шофыр УШ туйæн йе ’рбацыд тынг фæхъыг ис. Цалдæр хатты дзы й1 цъæхбын цæстытæ фæцавта, йæхинымæр бахъуырхъуыр кодтЯ "Уый та дын хъуыддаг", зæгъгæ, дзы райхъуысти æмæ йæ м! тор фæстæмæ ахуыссын кодта. — Цы кодтай, Хату? Искæмæ ма æнхъæлмæ кæсыс? — афа ста йæ Ханджери. — Кæсын! Æгъгъæд мын нæу, ай мын мæ фондз туманы м| дзыппæй кæй фелвæста, уый! — мæстыйæ загъта Хату. — Цы дын кодта? — Автоинспекцийы агент у! Нырма мæнæн æнæ билета^ искæй аласæн ис? — Цæмæй йæ зоныс, ахæм у, уый? — Зонын æй! Нæ шофыртæй мын иу амыдта ныртæкк, Хъахъхъæн, дам, дæхи, — згъæлдта Хату мæстыйæ, фæл уæддæр скусын кодта мотор, æмæ автобус ацыд. Фыццагдæ! фæзилæны йæм бирæ адæм æнхъæлмæ каст. Зæронд устытя лæппутæ, чызджытæ, лæгтæ! Фæурæдта Хату йæ автобус, ба| кодта йын йæ дуар. Сбадтысты адæм, фæлæ Хату иннæ хæтти ты хуызæн уайтагъд нæ араст... Авторучкæ æмæ билетты чиньи систа æмæ дзуры уырыссагау: "Граждане, берите билеты| скорее, некогда..." Дæтты билеттæ, исы æхца, ныхас кæнЗ карзæй, æнæвдæлон хуызæй! I — Хату, æмæ уырдæм билет куынæ ф’æдæттыс, — дзур| йæм иу чидæр. ;| — Нæ мæ хъæуы сдачы... цы кæнын дыууæ абазийæ, — дз)| ры иннæ! г 1 — Банцайут... ныртæккæ уæ хизын кæнын автобусæй, -I фæхъæр сыл кодта Хату, — фондз суарийы ма, хорз ус! Уырдæя мæм билет нæй, чызг. Ахиз автобусæй... — дзырдта Хату. I — Æмæ айс æхца, нæ мæ хъæуы билет, — лæгъстæ кæны чызй — Нæ, нæ, æз афтæ нæ фæкæнын... — сбустæ йыл кодт| Хату. | Бирæтæ, æвæццæгæн, хорз зыдтой Хатуйы æмæ дис кодтой! — Ивгæ йæ бачындæуыд? Фондзæй дыууæ, æртæйæн йеддæма| куынæ фæдæтты билет, уæд ыл цы ^рцыд ацы хатт? — хъуысГ^ тысты алырдыгæй ныхæстæ. ■? — Æз сæ цы æнæбары дæттын, уа ’нæбары цард фæкæнæд| уæ цуры чи бады, уый, — райхъуыст та мæм Хатуйы хъуыр^ хъуыр. ^ ] 58 - \
_- Товарищ водитель, езжайте скорее, мне нужно торопиться, ^ иал фæлæууыд æнæ сдзургæ, Хату агент кæй хуыдта, уый. ___ Нæ йæм хъусыс, Ханджери? Ома, дам, ницы дæн! Ды цы зоНь1С, уыдон Хату рох дæр ма фæкодта, уый зон... Æмæ ды мæн не ’рцахсдзынæ... Дарддæр дæр чи хизгæ кодта, чи бадгæ. Ног сбадджытæн Хату уыцы "æгъатырæй" билеттæ лæвæрдта, æхца сæ иста, фæлæ уæддæр йæ хъуыр-хъуыр къаддæр нæ кодта. 'Тъалæма... цавæр "агент" у, ацы лæг?» — загътон æз мæхицæн æмæ иуахæмы лæгæн йæ фарсмæ æрбадтæн. Ныхас ныхас сайы. Æмæ, дам, æз дæн хъæууон электростанцæты ин- спектор. Цæуын, дам, ныр та мæнæ Хуымæллæгмæ... Сæ элект- ростанцæ куыд кусы, цæмæй цух у, уыдон сбæрæг кæнынмæ... Бæгуы, сусæг агент æнцон рабæрæг кæнгæ нæу, фæлæ уæддæр йæ ныхæстæ мæн бауырныдтой æмæ мæхинымæр Хатуйыл ху- дын байдыдтон. Уалынмæ Хуымæллæджы комкоммæ "сусæг агент" Хатумæ фæдзырдта: — Я здесь сойду. Пожалуйста, остановите машину. Æцæг, лæг нын фæндарасты арфæтæ ракодта, æмæ ахызт. Хату мæн фæрсынмæ ,фæци: "Чи у?.. Кæм кусы?.. Цы загъта?" — Хуымæтæджы дзы тарстæ. Инспектор у, фæлæ хъæууон электростанцæты куыстмæ йæ хъус чи дары, ахæм инспектор у, — загътон æз Хатуйæн. — Æ, мæ хæсгæ мард, гъе! Æз та йæ цы фенхъæлдтон! — бахъынцъым кодта Хату. — Сайд дыл æрцыд, мæ хæлар, — загъта йын йæ фарсмæ бадæг Ханджери. — Сайд дæр ма сайд куы уаид, фæлæ цæхджын сайд! Ницы кæны. уёз уæддæр мæ авд туманы нæ хæдзармæ схæсдзынæн! ~~- сусæгæй та бадзырдта Хату Ханджеримæ. Ам бадæг нæ фæци æмæ тагъддæр ауагъта Хату асфальт Ф^ндагыл йæ автобус. 0, тагъддæр æмæ йæ хуыздæр архайын ХъУыдис ныр, цæмæй уыцы "агенты" тыххæй цы "фæзиан ис", Уый дæр фæстæмæ йæ дзыпмæ æрбахиза. Æмæ уайтагъддæр ^РУты хъæумæ ныххæццæ стæм. Хъæуы сæр, фæндаггæрон, Азаевгар адæм лæууыд. Фæурæдта Хату автобус, фегом ын код- Та йæ дуар, ахъæр кодта æддæмæ: — Нæ мæ ’вдæлы лæууынмæ. Чи цæуы — тагъддæр сбадæд. Адæм та автобусмæ æрбахызтысты. Устытæ, чызджытæ, Ла2ппутæ. "~- Æхца! Тагъддæр ут! — дзырдта та сæм Хату. 59
— Билеттæ дæтт, æндæр æхца фидын мах бар уадз, —Я дзырдта йæм иу сæрæнарæзт чызг. 1 — Табуафси, нæ хо. Уый бæрц дæр дæ хъæуæд билеттæ,! æмæ чызгмæ бæрзæндты билет ралæвæрдта. 1 Иу цалдæрæн ма радта Хату билеттæ. Билет бадомынæй! зæрдæмæ кæмæ æхсайдта, ахæмтæн. Иннæтæн се ’хца æнæ| йæ дзыппы æвæрдта. | — Бахатыр кæнут... Æрæджы кæнæм... Сымахæн | фæстæдæр. я — Фондз сомы дæм радтон, лæппу. Билет та æртæ сомы| — баппæрста та чызг Хатумæ йæ ныхас. .1 — Рох мæ не сты уыдон дæр. Тагъд кæнын, уый нæ уыны — "Айрох" уæ вæййынц арæх... I — Омæ куы айрох уой, уæддæр цас диссаг у! Мах дæр цæрв хъæуы. Бинонтæ дарын... ^ — Дарут сæ мыздæй. Махты хардзæй сæ цæмæн дарат? —1 ’нцад чызг. — Уæллæй, дæ дыууæ сомæй мын мæ хæдзар сарæзтай. Мæ^ дын æртæ сомы. Æрмæст мæ мауал дзурын кæн капеччытыл. 5 Æмæ Хату æртæ сомы гæххæтт чызгмæ раппæрста. Чызг фæцæрдæг æмæ йæм гæххæтт фæстæмæ баппæрста: — Æдылы митæ ма кæн. Цы æмбæлы, уый ис. Цæуын’н! радтай устытæн билеттæ? — Уый дæ хæдзары уынаффæ нæу! Дæлдæр февдæлонда уыдзынæн æмæ сын сæ уым ратдзынæн, — загъта ма Хату æ^ та ауагъта йæ машинæ. — Мæлæты къæбæда чызг нæу, — сабыргай та Хандже{| Хатумæ ,бадзырдта. — Дзурæд! Ахæмтæ дзы гыццыл нæ вæййы. Фæлæ та ах: зынц æмæ та хъуыддаг ууыл баззайы, — радзырдта йæм Ха’Ц фæстæмæ. — Дæ цæрæнбон бирæ. Цы йын хъуыд, уый йын загътай — Фыддæртæ йын хъæуы. Фæлæ мæ не ’вдæлы уымæ, -I ауад фæсте мæ хъустыл. Загътон — исты ныхкъуырæн ныхæстЛ зæгъон æз дæр æдзæсгом шофырæн, фæлæ фæхæцыдтæн мæхй| уыл. Æххæст ын, зæгъын, бакæсон йæ митæм. Уæд ын карздзея ныхæстæ зæгъын бафтдзæн мæ къухы. | 1 Уалынмæ та автобус æрлæууыд, æмæ уыцы чызг дæр ахыз’Ц иннæтæй дæр бирæтæ ахызтысты. Сæ бæсты та æндæртæ сбад| тысты. I — Билеттæ айсут, хорз адæм... билеттæ, æмæ цæуæм. Нæ ыШ ’вдæлы, — радзырдта та уыдонмæ дæр Хату. — Билет ды| 60 I
æхимæ радтон, мæ мады хай? — афарста Хату зæронд усы, йе <хЦа йын куы айста, уæд. —. Цы дзы кæнын, дæ фæхъхъау фæуон. Дзæбæхæй нæ ныххæццæ кæн, æндæр, — фæлмæн хъæлæсæй йын загъта гыц- цыл, дзæбæх зæронд ус. — Æз дæр афтæ æнхъæл дæн... хуын хæссæджы билет цæмæн хъаеуы... командировкæйы, мыййаг, куынæ цæуыс... — О, дæ фæхъхъау фæуон, о! Мæ хойы чызг чындзы цæуы, æмæ уырдæм хæссын хуын. — Тбауы Уастырджи йæ фæндараст фæкæнид, æз дæ ныртæккæ йæ цуры балæууын кæндзынæн... Ног сбадджытæ уыдысты иу фондз. Билеттæ дзы радта дыууæ, æртæйæн. Иннæтæм æй цыма нал равдæлд, йе та йæ цыма рох фесты, афтæ аздæхта хъуыддæгтæ æмæ та дарддæр ацыд, хъæлдзæгæй заргæйæ. Куыннæ кодтаид заргæ дæр?! Иу æртæ ту- ман уал йæ дзыппы "тæлфыдысты". Иннæ цыппар, фондз туманы та фæстæмæ цæугæйæ "бакой" кæндзæн æмæ афтæмæй йæ "пълан" сæххæст кæндзæн. Йæ хæдзар дæр уæдæ йæ цæстыты разæй нæ цух кодта. Æртæ уаты, кухня, къæридор... Цал рейсы ма йæ скæнын хъæуы се сфæлгонц кæнынмæ, уый дæр ын нымад у. Цæуæм дарддæр. Хъахъхъæдур фæсте аззад. Фæуайæм Кæрдзыны сæрты. Æмæ кæсæм: фæндаггæрон цы будкæ ис, уырдыгæй нæ размæ милицæйы формæйы иу лæг рацæуы. Йæ къух сдардта — ома, дам, æрлæуу. — Æллæх, Ханджери. Æнхъæлдæн, æцæг инспекторыл амбæлдтæн... — ныккæрзыдта Хату æмæ йæ машинæ фæндаг- гæрон æрурæдта. Милицæйы формæ кæуыл уыд, уый автобусмæ æрбахызт. Æцæг уый уыдис æцæг инспектор, Хату æмæ йæ хуызæн бирæгъты дæлдон митæ бæрæг чи кæны, уый. — Уæ билеттæ равдисут, хорз адæм... — загъта инспектор автобусы бадджытæн. Билеттæ кæмæ уыд, уыдон сæ равдыстой, уæдæ цы. Иннæтæ -’" ИУ фондз адæймаджы — æгуыппæгæй бадгæ баззадысты. — Мæнмæ сты уыдонæн сæ билеттæ. Ныртæккæ сын сæ рат- Азынæн. — фæрæвдз Хату. — Æмæ сын сæ ныронг цæуылнæ радтай? Сæхæдæг сæ нæ Фзфæзтой ласын? "~- Алчи сæ тагъд кодта æмæ, дам, уый тыххæй автобус ма Уром. Æцæг, уæхæдæг нæ истат уæ билеттæ? — афарста та Инспектор пассажирты. "^- Нæ сын-иу лæвæрдта сæ билеттæ. Ам дæлæмæ дæр гыц- 61
цыл нæ ахизын кодта æнæ билет адæм, — нал баурæдтон æ^ дæр мæхи. — 0, дæ фæхъхъау фæуон о! Цæмæн, дам, дæ хъæуы билет! Командировкæйы, дам, куынæ цæуыс... — загъта зæронд у^ дæр. — Уæллæй, ахæм артист у ацы шофыр, æмæ лæджы фефсæр; мы кæндзæн! Гæды митæ... Хионы ныхæстæ... Æмæ — "мæ би| лет мын ратт" — зæгъгæ, йæм нал бауæндыдтæн, — бафтыдтз ма сыл иу лæг. — Уæхи аххос у, хорз адæм! Цы æфсæрмы кæнут, æфсар^ йæхимæ куынæ и, уæд? — Раст зæгъыс, хорз лæппу. Бирæгъæй æфсæрмы кæн æм, дын дæ фæстаг фыс аласа. — Уæдæ акт скæнæм, æви куыд? — Карз акт! Йæ цæрæнбонты дæр æй машинæмæ æввахсЯ куыд нал æруадзой, ахæм акт, — бынтон смæсты уыцы лæг. Хату ницыуал дзырдта. Машинæйы рулыл йæ сæр æруагъта^ æмæ æнцад бадт. Æнцад бадт йæ хæлар Ханджери дæр. Дзургæ] дæр ма цы кодтаиккой! Уæдмæ инспектор акт ныффыста: Хату уал æмæ уал адæй- магæй æхца райста, фæлæ сын билеттæ кæй нæ радта... Æмæ| дæлæмæ дæр бирæты æнæ билеттæй фæласта. Мах ыл иу| цалдæрæй æхсызгонæй нæ къухтæ бавæрдтам. Хъыс-хъысгæнгæ æрæвæрдта йæ къух актыл Хату дæр. Æндæр гæнæн ын нал! уыд! — Дарддæр та, æмбал инспектор? — афарста ма инспекто-"! ры Хату. — Дæ куыстæй уал ист æрцæудзынæ. Тæккæ райсом! Æндæр!| исты дæр ма дзы уыдзæн. Ныр уал алас ацы адæмы сæ хæдзæрттæм! ’; — Уый та дын лæджы пълантæ, Ханджери! — загъта ма] Хату, инспектор куы ахызт, уæд. — Æрдæгарæзтæй куыд нык-]| калд мæ хæдзар. "Мах дуг", 1957, № Щ 62
ДЗУГАТЫ Георги САГЪÆС 0, уыцы дыууæ сау цæсты, Мæ тæригъæдæй бастъæлат! Цæмæн бахаудтæн у ’ахæсты? Цæмæн базыдтон уарзты ад? Уæ иу фæкастæй атайын, Хуссары митау, хуссары. Бæргæ уæ рохыл архайын Фæлæ уый бæрц тых чи ссары?! Хуры тынтау мыл атыхсут Хъызт зымæджы дæр уалдзæгау. Зæрдæйы фатау аныхсут, Æмæ фæвæййын уадзыгау. Мауал мæм кæсут, ма кæнут, Мауал мæ судзут алы бон! Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут Æмæ уæ искуы фервæзон! 0, уыцы дыууæ сау цæсты, Мæ тæригъæдæй бастъæлат! Цæмæн бахаудтон у ’ахæсты? Цæмæн базыдтон уарзты ад? "Мах дуг", 1957, № 12 63
«щ^т БОЦИТЫСол\ Хæххон æрдз уыд мæ рæзгæ бонты авдæн. 0 дойнаг дуртæ, айнæгриу къæдзæхтæ, Æз раст сымахау райрæзыдтæн фидар. Сæууон уддзæф — æнæниздзинад хæссæг! Дæ ирдгæ уайтагъд, хъару ног кæнгæйæ, Мæ рæзгæ буары иннæрдæм-иу ахызт. Ис комрæбын æрвхуыз æнусон цъити... Нæ хæхты риуæй ирд суадæттæ гуырынц. Мæнæн мæ уд у уыдонæй сыгъдæгдæр. Хæххон цæугæдон, уæнгты и дæ хъару, Фыдмитæн нæ — нæ цардамонды рæзтæн, Рæсугъд уæлвæзтæ, дидинæгджын сæрвæт, Рæсугъд къуылдымтæ, бæлæстæ — къæбæлдзыг, Сымах хуызæн аив — мæнæн мæ сурæт. Хæххон æрдз уыд мæ рæзгæ бонты авдæн, Мæ уарзон хæхтæ! Æз уæ фырт, уæ хъæбул, Æрмæст мæнæн мæ удыгъæд æндæр у, Уый нæу æрттивгæ ирд цъититау уазал. Цыренæй риуы царды зынг куы судзы, Уæд уадзы уæнгты уый ыстыр тых. "Махдуг", 1959, №^ 64
ГАДЖИТЫГеор МАД Мадæн тохæй нал раздæхт йæ фырт - Фесæфтис æнæбæрæгæй хæсты, Чи зоны, æдзард салдаты цырт Искуы ис Карпаты гоби хæхты. Гъе та лæппу уæлдæфы хæцыд, Уариау йæ хæдтæхæджы басыгъд, Чи зоны, хæстонденджызон уыд Æмæ науы доны бынмæ ацыд. Хæст фæци. Ныссабыр тохы хъæр. Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ, Уарзон чызджы ракуырдта æндæр, Буц хотæ дæр ныр сæ саутæ систой. Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр Не ’ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл, Не ’ууæнды уый писырты гæххæттыл, Не ’ууæнды, кæй банцад тохы хъæр. Бирæ ’хсæвты не ’рцъынд кæны цæст, Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци, А дунейыл раджы банцад хæст, Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци! "Мах Аут», 195% № 9 Ауг № 5,1999 55
{V &г& ’ БИЦЪОТЫГрь I ЦЪИУТЫ ЛЫМÆН Радзырд ,. æткъуы бæлæстæ сæ дидинæг раджы акалдтся I) Бæласы бынмæ чи бацæуы, уый дзæбæх фæуын г сыфтæрты æхсæн лыстæг фæткъуытæ цупæлгв цупæлттæй. Цæстытыл ауайы, сæрды тæвд бонты фæткъуы! куыд сцæттæ вæййынц, фырзадæй сæ къалиутæ кун æрцæйсæттынц æмæ сæм быцæутæ куыд фæаразынц, уый, æм уæд адæймаджы зæрдæйыл æхсызгондзинад сæмбæлы. 1 Мæнæ Батырбег дæр рауай-бауай кæны зæронд фæткъу бæласы бын. Уый дæр кæсы уæлæмæ бæласмæ æмæ йæ чыск былтæ базмæлын кæны, бахуды. Цин кæны Батырбег, фæ^ цæуыл цин кæны? Фæткъуы бæласыл бирæ лыстæг фæткъуыт кæй уыны, ууыл, æви бæласы иу къалиуæй иннæмæ цы цЦ рагæпп-багæпп кæны, уый кæй уыны, ууыл? ! Мæнæ систа сыджыты къуыбар æмæ, йæ чысыл къухт цæрдæг тилгæйæ, бауадис, цъиу цы къалиуыл бадтис, уь) бынмæ. Цъиу æй ауыдта, апæррæст кодта æндæр къалиум æмæ сыфтæрты æхсæн амбæхстис. Фæлæ та Батырбег й хæдбынмæ бауадис, йæ къух дард фæхаста æмæ йыл къуыб| фехста. Цъиу фæтарсти, ныппæррæст кодта æмæ атахти. ’! — Нæ йыл ауади, —æнкъард хуызæй загъта Батырбег æмæ Й фæстæ кæсгæйæ баззади. Батырбег федта, цъиу чысыл æддæдае цы бал бæлас уыдис, ууыл куыд абадти æмæ йæм кæй касти: ,] — Æз дын ныртæккæ дæ ахстон фехалдзынæн, — зæгъг| цъиумæ йæ къух æвзидæгау батилгæйæ, сдзырдта Батырба Бацыди бæласы размæ, йæхи фæгуыбыр кодта æмæ уыц| гæппæй рацахста йæ рахиз къухæй æппæты ныллæгдæр къ| лиу, стæй йæхи сивæзта æмæ фæхæцыди къалиуыл йæ галя къухæй дæр. 1 Батырбег дæсны у бæласы сæрмæ бырынмæ. Ныр дæр Ц 66 3
аЛиутыл йæ къухтæй хæцгæйæ, бæласы астæумæ уайтагъддæр 1 ч';ЕцЦæ и. Ахстон уыди, йæ къæхтæй цы ставд къалиуыл лæу- ыди, ууыл. Сабыргай æрбадти къалиуыл æмæ, йæ къухтæй ^идæр къалиутыл хæцгæйæ, бабырыд ахстоны размæ. — Уым та цы архайыс?! — йæ хъустыл ауади кæйдæр сонт чЪæр- Батырбег фесхъиудта, иуварс фæцудыдта æмæ фæцæйхау- д11) фæлæ йæ рахиз къухæй рацахста къалиу æмæ йæхи баурæдта. — Ахстон æппарынмæ та схызта, нæ? — ногæй та йæ хъус- тыл ауади кæйдæр ныхас. Батырбег сабыргай разылди æмæ бæласæй чысыл æддæдæр ауыдта йæ хистæр æфсымæры. Цыдæр æфсон акæнынмæ хъа- выди, фæлæ уайтагъд йæ фæндон аивта: хорз зыдта, йе ’фсымæр æй ахстонмæ æвналгæ кæй федта, уый. Иæ зæрдыл æрбалæу- уыди, айфыццаг дæр ма йæ кæй æрбаййæфта ацы ахстон исгæ æмæ йæ куыд бафхæрдта, уый дæр. Батырбег æнæдзургæйæ зæхмæ æрхызти, æфсæрмыдзастæй бакасти йе ’фсымæрмæ, стæй йæ цæстæнгас зæхмæ сарæзта æмæ æнхъæлмæ каст, цы йын зæгъдзæн, уымæ. — Батырбег, — йæ размæ хæстæг бацыди, афтæмæй йæм сдзырдта йе ’фсымæр, — скæс-ма бæласмæ, цас фæткъуытæ йыл ис. Бирæ не сты? — Уæдæ цы сты. Стæй зæххæй цалдæр кæлмхæрд фæткъуыйы систа, йæ цæсгоммæ йын комкоммæ бакасти æмæ йæ афарста: — Ацы фæткъуытæ цæмæн æрхаудысты, уый зоныс? —- Зонын, уымæн æмæ сæ кæлмытæ хæрынц. — Уæдæ кæлмытæ бæласыл иу фæткъуы дæр кæй нал ныу- уадздзысты, уый зон, цалынмæ ма сæ иу дæр бæласыл уа, уæдмæ. — Иу дæр нал ныууадздзысты, — дис кæнгæйæ сдзырдта Батырбег. — Æмæ сæ уæд цæуылнæ марæм? Кæм ма нын уыдзæн рæгъæд фæткъуытæ? —- Æмæ сæ ды куыд амардзынæ, чи сæ мары, уыдоны цæрын 1;уьшæ уадзыс, сæ ахстæттæ сын куы халыс, уæд? — Æмæ цъиутæ дæр кæлмыты марынц? — дисгæнгæйæ та афарста Батырбег. — Уæлæ-ма кæс уæдæ, — загъта та Бытырбеджы æфсымæр ^мæ йæ къухæй ацамыдта цъиумæ. Батырбег федта, цъиу куыд уыгъта, иу къалиуæй иннæмæ ЧЬ1 тьштæ нывæзт уыди, уыдоныл цы лыстæг кæлмытæ уыд, ^ыАоны æмæ, цингæнгæйæ, цъиуæн атæхынæй тæрсгæйæ, ныллæг ^æдæсы уагæй сдзырдта: ^ Уæлæ ма, æцæг... Куыд тынг сæ уидзы... 67
Рацыди цалдæр боны. Батырбег лæууыди сæ кæрты аста æмæ касти сæ фæткъуы бæласмæ, фæлæ ацы хатт уый уы! бирæ хъæлдзæгдæр. Æдзынæг касти, абон сихорыл цы ахст! сæвæрдта сæ фæткъуы бæласыл, уый алыварс куыд ратæх-бат! кодта сырддонцъиу, хатгай-иу ахстоны дуарыл куыд абадтш уымæ. Иу цалдæр хатты Батырбеджырдæм зилгæ дæр ракод! æмæ йæм афтæ каст, цыма йын арфæ кодта. I — Æз ма ноджыдæр сараздзынæн ахстæттæ æмæ сæ инш бæлæстыл сæвæрдзынæн, — загъта ма Батырбег, йæхицæй стя бузныг уæвгæйæ, æмæ уынджырдæм цингæнгæ азгъордта. I "Мах дуг", 1953, Щ 68
БЕСТАУТЫ Георги МÆФ/ЗДОНМÆ Истори у тыгъд быдыр—мигъæй асæст, Куы байрæзай, йæ фæндæгтыл куы бафтай, Æваст, цыма, æрвферттывды фат асаст, Нæ Иры фæд фæтары уыдзæн афтæ. Æмæ-иу дарддæр архив уæгъды ма змæнт, Хъуына чингуытыл ма снывæнд дæ фæндтæ. Дæ фыдæл кæд æдзух лæгæрста размæ, Уæддæр ын рохуат бамбæрзта йæ фæдтæ. Цы кæна, цæй, уый чингуытæм кæм æвдæлд, Æдзух йæ къухы кард æлвæстæй дардта, Фыдтохы-иу йæ сау туджы куы сæвдылд, Йæ фыртмæ-иу æй уæд фæдзæхстæй радта... Уыд сабийы нывæрзæны дæр хъама, Уыд тохмæ сидт йæ алолайы зарæг; Йæ авдæнæй йæ сау ингæнмæ хъуамæ Уыдаид уый рæстудæй мастæвзарæг. Зæххыл рæстдзинад агуырдтой сæ кардæй Иры цæхæрцæст, удуæлдай лæппутæ, Куы фæмард доны Осбæгъатыр сайдæй, Хæххон кæсаг уæдæй у тугдæппытæ. Фæцу, кæмдæр ивгъуыд æнусты тары Йæ хъысмæтимæ сахъ Алан кæм фæхыл, Зæрдæдзæфæй уый саудалынг мæйдары Утæхсæнгæнгæ къæдзæхтыл кæм фæхылд, 69
Уыдзæнис уым йæ райдиан дæ балцæн, Ыстæй дын тугвæд амондзæнис дарддæр, Нæртон гуырды сæрибарагур кард дæм Æнусты тарæй, саст мæйау, рухс дардзæн. Кæндзæнис дын æнкъард зарæг æхсæрдзæн, Дæ сæрмæ мигъты ленк кæндзæн фæлурс мæй: Ирон адæмы тугвæд дæ æркæндзæн Коммунæйы цæхæркалгæ æнусмæ. 0, уый номæй мын ма ракæн хъæстытæ: Æнкъард сагъæс мын ма бафтау мæ удыл. Фæлтау мын зæгъ, куыд ыл фидауы худын, Куыд æрттивынц йæ сау цæхæр цæстытæ... Кæд у фыдсыл, къæйных, дывзагон, судздза, Уæддæр æй хон æфсæрмдзæстыг, "чырыстон", Кæннод мæ риу зындоны артæй судздзæн Æмæ уромæн нал уыдзæн мæ рыстæн... Кæд у рынчын, уæддæр уал мын æй ма зæгъ, — Мæ зæрдæ мын-иу ма фæцагай кардæй. Фæлтау мын зæгъ, æдзынæг кæсгæ, арæх Сæ рудзынггæрон цас фæбады ’нкъардæй; Фæлтау мын зæгъ: йæ сау цæстытæ уарзтæн Цæстысыгæй уæззау хъалон куыд фидынц; Фæлтау мын зæгъ: куыд нарæг у йæ астæу, Йæ уæнгты конд — уæздан æмæ гуырвидыц... Йæ фыдкой дæ нæ домын, гормон, дзуаппæн; Дæ хуызы уæд мæ туджджыны уындзынæн. Мæ хорз дæ кæд фæнды, уæд мын дзы раппæл Æмæ æнус дæуæн кувæг уыдзынæн... Макæ, ма мæ уарз, хурæнгас саурæсугъд, Ма мæм-иу ракæс бæлгæ. Сабыр, хъуызгæ-иу мæм мидбылты ма фæхуд, Д’ аккаг куы уаин, бæргæ... 70
Мæйы фæлурс тынау буц æмæ талас дæ, Уарзоны пъайау уæздан; , Царды фæндагыл кæронмæ фæндараст дæ, — Де ’мсæр кæцæй дæн æз та!.. Цины узæлд дын кæм ара парахатæй ’Нæбон поэты зæрдæ! Уæд, кæд дæ уарзты аккагæй нæ рахатай Зарæджы ризгæ зæлтæ... Макæ, ма мæ уарз, хурæнгас саурæсугъд, Ма мæм-иу ракæс бæлгæ. Сабыр, хъуызгæ-иу мæм мидбылты ма фæхуд. Д’ аккаг куы уаин, бæргæ... "Мах дуг", 1958, № 10 71
СУДЗГÆ СТЪАЛЫ Рæстæг афтæ у: уый халы, Ногæй аразы ’мæ ивы... Фæлæ мингай азты стъалы Арвыл судзы æмæ ’рттивы. Уалæ мигъы ’хсæнты арфæй Зæхмæ уый цæхæр æрхæстæг... Ма тæрс, — чи рахауди арвæй, Уый кометæ уыд æрмæстдæр, ...Уыйау уæд, поэт, дæ зарæг, Уæд æнæмæлгæ дæ хъуыды! Бонтимæ кæй ном фæтар и, Уый æцæг поэт нæ уыди. Уарзын цард æз дæр æххæстæй, Уарзын амонд æмæ цинад. Фæлæ царды ’ппæт фæрæзтæй Райсин æз фыццаг рæстдзинад. ФАХСЫЛ Рæудымгæ, хи ирхæфсгæ, фахсыл Нæ цурмæ ’рбаулæфы рог. . Куы дын дæ сау дзыккутæ ’рфасы, Куы та сæ спыхцыл кæны ног. 72
Куы дын ныбба кæны æвастæй, Дæ хъуырыл атухы йæхи. Куы та фæцæйтæхы мæ кастæй, Цæмæй йын ма ’мбарон йæ хин... Мæ цурмæ ’рбадымы, ныххуды: "Ды та кæдмæ ’мбæхсыс дæ уарзт?" Æз дзурын дымгæмæ: "Тæхуды, Дæуау ныр чи вæййы ныфсхаст!.." "Мах дуг", 1958, № 5 V? V? V» Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн Нæ дардта цухъхъа æмæ хъама, Æз ын йæ урс рæсугъд бæрцытæ Æрæййæфтон æрмæстдæр къамы. Нæ уыд æвзистарæзт йæ рон дæр, — Нæ тарстис йе ’мзæрæдты фауæй, Уæддæр æй хъæу хуыдтой ирон лæг, Ирон — зæрдæ æмæ æгъдауæй! "Мах дуг", 1959, № 12 73
СУСУ-БУСУ САТАНАИМÆ Ды-иу, Сатана, ’ппæт дæр Куыд базыдтай æваст!.. Дæ ныттабу-иу зæдтæн Куыд уыд æдзухдæр барст?! Куыд дæм-иу хъуыстой нартæ? Дæ уынаффæ сын — зонд... Цы ’хсыры цад дын дардта Нывыл дæ уынд, дæ конд? Хатыр мын уæд мæ уæндон: Цы ныфс дæм уыд, цы хин? — Уырызмæджы нын иу бон Куыд бакодтай дæхи?! Адæймагмæ баулæф, уæд та мыл Йæ ударфæй æнахуыр сырд ысуасы. Зæхх ысхæмпæл дзиглотæй, ысхъамыл, Ыссарæн нал ис иу кувæн къуым — уаз уд. Цы уыд мæ сонт дуг, циу мæ кар дæр? — Хъысмæтæн, амондæн — æнад. Мæ зæрдæйыл хъыхъхъаг пул калгæ Кæдæмдæр афардæг и цард. "Мах дуг", 1993, № 74
ДЗА СОХТЫ Музафер ХÆСТÆГÆЙ ДАРД Кæд мын æцæгæй дæ хæстæг, Уæд мæм цæмæн цыргъ кæныс кард? Кæмæ бацæуыс ды хæстæг, Мæхи æз уымæй ласын дард. "Махдуг", 1989, № 11 СТАЛИНЫ МАРД ИРЫСТОНЫ БАНЫГÆНЫНМÆ ЧИ ХЪАВЫ, УЫДОНÆН Йæ донæй дæр сыгъдысты, куыд йæ басæй, Уæддæр æй мысынц, дарынц æй сæ зæрдыл... Кæй нæ хъуыди нæ Ирыстон æгасæй, Уый абон мардæй бахъуыди кæйдæрты. "Махдуг", 1994, № 7-8 ÆВЗÆРСТЫТЫ АГЪОММÆ Тæрсы йæ бынатæн Кæпæрæз, Рæхджы дзы ’рцæуа хъуамæ сырд... Хъæлæстæ курынæй йæ хъæлæс Ныффæсус, нал хъуысы йæ дзырд. "Мах дуг", 1995, № 1 75
ФÆСТАГ ÆМДЗÆВГÆ Æрмæст æм иунæг уый уыди — Йæ бæх — йæ ардбахæрд, йæ кæлæн, Йæ бæх — йæ мулк æмæ йæ дин, Йæ бæх — йæ цард æмæ йæ мæлæт, Нæ йын уыд аргъ, Нæ йын уыд саргъ, Уыди æнæцæфхад йæ сæфтæг. Фæндаг — Цыбыр у, æви даргъ — Æрмæст æй иунæг уый æндæвта. Нывдæттæг: Фесты уæрст — Фыдæх, Æхца. Æнцон амонд. Мæнг сомы... Уæртæ ма бастæй баззад бæх Мæ кæрты — иу дæр æй нæ комы... Тæрсы йын йе ’рра тугæй зæхх, Йæ рагъæй барджыты нынтъухы... — О, уый цы бæх уыди, цы бæх! Йæ разæй никæй уагъта дугъы. Ныфс æмæ стъалыты æмбал — Йæ идон скъуыдта... Фæлæ йæ смидæг кодта скъæты Йæ барæг — сайд æмдзæгъдæй хъал. Хъысмæты стыр лæварæй не сси Хъæздыгдæр, уарзондæр, хуыздæр. Æз уыдтæн... уыцы, уыцы ’взæр! Мæ бæхы ном та хуынд... Поэзи. "Мах дуг", 1979, № 76
ДЖЫККАЙТЫ Шамил Цæй диссаг дæ, амонд, цæй диссаг, Куыд уарзын дæ хъазын, дæ хин!.. Нæ мын зоны иу дæр мæ риссаг, Æмбисондæн баззад мæ цин. Ыскъæрыс мæ уырдгуытыл, хæрдтыл, Уæддæр мын æхцон у дæ уæз. Тыхджын чи у, уый мæ æфхæрдта, Æдыхы нæ асхуыстон æз. Нырыонг нæ куывтон мæ сæрæй. Кæд арæх рæдыдтæн, уæддæр Нæма загътон "хорз у" æвзæрæй, Нæма схуыдтон хорзы æвзæр. Кæй нæ уарзын, уый мыл ныйичъи, Кæй уарзын, уый дард у мæнæй. Мæ мадзæлттыл сæвæрыс ричъи, Мæ зæрдæ та скъæры уæгъдæй. Цæй налат дæ, амонд, цæй галиу! Мæ рухс бæллиц арвыл нæры, Цъæх дидинæг калы мæ къалиу, Мæ уидаг мын уаллон хæры. Гъæй, зæгъ уæдæ, ма кæн æфсæрмы, Дæ хинтæ мæ размæ цæуæнт! Куы ныххауын фæндагыл уæрмы, Хæзнатæ дзы разыны уæд. "Мах дуг", 1981, № 10 77
«V „.., ™#<ад^« ь ч^5■••'>«•% ^пссчйу" сг лл- -ч^ V , ч>-^-\- - <^-$- % - ХОДЫКак ПРИНЦИП ДÆМ НÆЙ, ЗÆГЪГÆ, КÆМÆН УАЙДЗÆС КОДТОЙ, УЫЦЫ "ПОЭТ" ЙÆХИ КУЫД РАСТ КОДТД1 Уайдзæфтæ мыл сæмбæлынц рæхойгæ, Фæлæ мын мæ хъавды сæр нæ зонут: Ау, Кæй мæм нæй принципæн йæ кой дæр, Принцип уый нæ хонут? "Мах дуг", 1976, № $ АРМУКЪАЙЫ УЫНÆРÆЙ СКЪУЫДДЗАГ Кæсагуæйгæнæг: ...— Кæй ма хъæуы кæсæгтæ?! Сæрджынты кило — сомырдæг! Æнæсæртæ та — сом!.. "Мах дуг", 1978, № & 78
79
80
Мах дуг № 5, 199? 81
Ь2
83
84
85
86
87
88
89
90
91
92
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД БАЗЫРГАНТÆ ран уыди, чи иæ зоны, кæцон уыди, уымæн дæр ницы бæрæг ис. Иу хатт тæгæр бæласы бын хуыссыдис иу мæ- гуыр лæджы фырт. Йæ тарф фынæйыл куыд уыди уый, афтæ йыл æрбафтыдысты кæцæйдæр Базыргантæ æртæйæ. Уыдонæй сæ иу æваст фæхъæр ласта: — Мæнæ нын маринаг лæг! Уыцы æбуалгъ хъæрмæ мæгуыр лæджы фырт райхъал, ас- æрфта йæ цæстытæ æмæ, йæ хæд раз æртæ лæджы æд гæрзтæ куы федта, уæд сæм дзуры: — Цы ракодтон, цы хæсджын уæ дæн, маргæ мæ цæй фæдыл кæнут, уыдæттæй уæ нал бафæрсдзынæн, фæлæ ма уæ уыцы бар курын, æмæ мæм æртæ дзырдмæ байхъусут. — Дзургæ! Æрмæст тагъддæр, — загътой æртæ Базырганы. Мæгуыр лæджы фырт йæ алы фæрстæм ахъахъхъæдта, хъæлæкк, æмæ дзуры: — Тæгæр бæлас, ды — ме ’вдисæн, хурты хурзæрин, ды — мæ комдзог, дунейы фарн, ды та — мæ тæригъæдхæссæг. Уый фæстæ æртæ Бызырганы сæ быны æркодтой мæгуыр лæджы фырты æмæ йæ хурхæргæвст акодтой, сæхуыддæг тæгæр бæласы бынæй сæхи айстой. Иу фыййау йæ фос фæцæйскъæрдта тæгæр бæласы бынты, федта дзы мардæй мæгуыр лæджы фырты, хъæумæ фæдис хъæргæнæг фæуæд. Хъæубæсты адæм рацыдысты, марды сын- тыл сæвæрдтой, уæлмæрдмæ йæ бахастой æмæ йæ уыцы ран йе ’нусон бынаты бавæрдтой. Афæдз рацыд мæгуыр лæджы фырты мардыл. Афæдзы хист ьш кæнынц йæ кæрты. Хъæубæстæ хисты бадынц. 93
Раст гъе уыцы сахат дунейы фарн ныддæлæ-уæлæ кодта æмя мæгуыр лæджы фырты чи амардта, уыцы æртæ Базырганы ууьш ты æрбауагъта. "щ — Уазджытæ, æрбаздæхут нæм, рухсаг зæгъут. '■ Дзыллæ æртæ Бызырганы хистмæ бахуыдтой, хибарæй сьщ фынг æрцарæзтой. Сæ уырдыгстæг сын дзагдармæ бацыд. Дзага дар сын къæрта бæгæны дзагæй сæвгæдта, уырдыгстæгмæ иа радта, æмæ уый уазджыты уæлхъус æрлæууыд. Нуазæн са| бæгæныйæ байдзаг кодта æмæ йæ уазджыты хистæрмæ балæщ æрдта. Базыргантæ сæ дзыхмæ дæр нæма схастой нуазæнта! афтæ кæцæйдæр æрбадымдта; æрбадымдта, æмæ дымгæ тæгæрьа сыфтæ æрбахаста, сыфтæ нуазæнты ныххаудысты. Тæгæры сыфтæй нуазæнтæ асыгъдæг кæнынц, хæрз дзаг та сæ бакæ| нынц: æмæ сæм уæд та хуры тынтæ судзгæ æваст ныккæсынщ сатæгсау бæгæны нуазæнты афыцы æмæ фынкæй зæххы хай бавæййы. , | Уæд Базырганты хистæр фæрсы сæ лæууæджы: | — Хæрнæг кæмæн кæнынц, уый цавæр мард уыди æмæ кæ| амард? | Лæууæг сын радзырдта: ]\ — Иæ афадз аивгъуыдта, афтæ мæгуыр лæджы фырты тæгæр^ бæласы бын быдыры амардæуыд; йæ марджытæ не сбæрæг сты| афæдзы хист уымæн кæнынц. ^ Уæд Базыргантæ кæрæдзимæ бакастысты, æмæ хъуыддаг сае; зæрдыл æрбалæууыд йæ сæрæй йæ кæронмæ. Дзурыныл схæцьк дысты уыцы ран хатиагау æмæ радзырдтой се ’вирхъау ми;' радзырдтой, мæгуыр лæджы фырт тæгæр бæласы æвдисæн куыд амыдта, æрттиваг хуры — комдзог, дунейы фарн —? тæригъæдхæссæг. > Уазджыты уырдыгстæг хатиагау æмбæрста æмæ сын сæ ны-| хас куы фехъуыста, уæд баздæхт æмæ адæмæн базонын кодтая æртæ уазæджы разындысты мæгуыр лæджы фырты марджытæ| сæхуыддæг æй фын^’жы уæлхъус радзырдтой хатиагау. ) Хисты адæм сæм’ фæлæбурдтой, рацахстой сæ. Хистæрта^ сын уыцы ран тæрхон скодтой. Уый фæстæ сæ дзаджы цурмае! баХастой, мардæн с& ныффæлдыстой, стæй сæ уæлмæрдтæш акодтой æмæ сæ мæруыр лæджы фыртæн йæ ингæны уæлхъус! ныммардтой. Д Лдæмоп таурæгъмæ гæсгæ йæ пыффыстЯ Æмбалты Цоцко. "Мах дуг", 1935, № 7-Щ 94
ч’^ЖгЯ,-'-^' жшæзрл^я-ж ;й*-х>#\, -*- ^^Т’Л ЦÆУКЪА, ФЫРКЪАÆМÆХЪЫБЫЛ Адæмон аргъау Ю\ аджы ма-раджы цардысты æмæ уыдысты Цæукъа, *л^$ Фыркъа æмæ Хъыбыл. Цæукъайæн йæ боцъо — ^Л даргъ, йæ сыкъатæ пæлæхсар. Фыркъа дæр стыр æмæ здыхт сыкъаджын. Хъыбыл Кица та цыргъбырынкъ, зæхх- иу сфæйлыдта. Афтæмæй æртæ хæлары "а" æмæ "о"-йæ царды- сты. Сæ хистæр Цæукъа уыд. Уый-иу цы загъта, ууыл-иу Фыр- къа æмæ Кица дæр "нæ" нал загътой. Цæукъа-иу сæ хъæуы фарсмæ нæумæ ахуыдта, уым-иу бон- изæрмæ фæлмæн кæрдæгыл фæхызтысты, суадоны уазал донæй-иу банызтой, изæры та-иу, хъазгæ æмæ чъыллиппытæгæнгæ, хъæумæ рараст сты. Бынтон диссаг-иу Кица уыдис. Фырæфсæстæй къориау стым- был, æмæ-иу хъыллистытæ, футтытæгæнгæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм фесхъиудта. Цæукъа æмæ-иу Фыркъа сыкъатæй хæцынмæ куы фесты, уæд-иу сæм уый дæр бауад, æмæ-иу сæ йæ цыргъ бырынкъæй сысхуыстытæ кодта, ома, дам, хыл ма кæнут. Изæры-иу æрбацыдысты Цæукъа, Фыркъа æмæ Кица сæхимæ, райсом та-иу хуры скастимæ ногæй хизынмæ афардæг сты. Афтæмæй-иу хатт хъæдмæ афтыдысты. Тынг бауарзтой Цæукъа, Фыркъа æмæ Хъыбыл хъæды хи- зын, сæхимæ сæ фæстмæ сæ къах нал хаста. Сфæнд кодтой иу къуыри уым ацæрын. — Æрмæст нæхицæн хæдзар скæнæм, кæннод нæ сырдтæ бахæрдзысты, — зæгъта Цæукъа. Æмæ сразы сты хъæды рæстæгмæ баззайыныл, сфæнд кодтой сæхицæн цæрæнбынат саразын. Равзæрстой хъæды астæу дзæбæх æрдуз æмæ сæхицæн Хаедзар аразынмæ февнæлдтой. Цæукъа хъæды йæ сыкъатæй у'л~~™ *ч*4 *%Э* и<*& 95
æрцагъта. Фыркъа сæ хæсгæ кодта, Кица та сын сæ сыфтæрт! сыгъдæг кодта. Ракодтой михтæ дæр. Кица-иу йæ цыргъ бьи рынкъæй арф бынат акъахта. Цæукъа-иу æй æрсагъта, Фыркъа та-иу ын йæ къæхтæй йæ алыварс сыджыт æрнадта. Афтæмæ! хуры аныгуылынмæ сæ;алыварс бæрзонд æмæ фидар кау сбыд| той. Æхсæв сæ ног хæдзары æнцад-æнцойæ фæфынæй кодтощ райсом та ацыдыст;ы хизынмæ. Ривæд афонмæ хорз фæхызтыс! ты. Уый фæстæ Цæукъа æмæ Фыркъа ривæд кæнынмæ сæ хæдзармæ бацыдысты. Кица ма æдде афæстиат. Цавæрдæр ад| джын уидæгтыл фембæлд æмæ ма æххæст уыдон ракъахон, зæгъгай Рувас рагæй æрæгмæ фыдбылыз кæм нæ у! Æрбацæйуад уыць* рæстæджы æрдузы кæрæтты. Ауыдта хъыбылы æмæ фыр дис^ сагæй дзыхълæуд фæкодта, раст ма йæ фæстæгтыл дæр алæу| уыд! Замманайы нард хъыбыл! Рувасæн уайтагъд йæ комыдæтта! æруадысты. Фæлæ цалынмæ рувас радис-бадис кодта, уæдма! дын хъыбыл кауæй фæмидæг. Бæргæ ма бауад рувас йæ фæдыл^ фæлæ ма цы? Хъыбыл уайтагъд дуар рахгæдта, æмæ гæды ру-| вас къæпп дзыхæй аззад. Уый фæстæ каубыды алывæрсты; æрзылд. Кæсы кауы зыхъхъырæй æмæ уыны: Цæукъа æмае; Фыркъа хуыссынц, сынæр цæгъдынц, фæлæ Хъыбыл никæцæй’ зыны. Хъуыды кæнын байдыдта, куыд расайон Хъыбылы æмае загъта: — Адон стыр сыкъаджынтæ сты, фæлæ стыр зонды хиц-, æуттæ не сты, æмæ сæ уайтагъддæр асайдзынæн, — йæхæдæг лæдзæг райста æмæ дзы дуар мæсты хост ныккодта. — Чи дæ? — фæрсы йæ мидæгæй Цæукъа. — Мæ хъыбыл сымахмæ балыгъд æмæ мын æй рауадзут/ кæннод уыл хъæды хицау Арсмæ бахъаст кæндзынæн, — мæсты хъæлæсæй бадзырдта рувас. % — Ныртæккæ дын æй аздахдзыстæм, æххæст уæртæ йæ куый-' ты дзугæн хæринаг авæра! — радзырдта йæм Цæукъа. ■■ — Цæй куыйтæй дзурыс? — йæ уд ауад Рувасæн. ^ — Куыйты дзуг дары дæ Хъыбыл æмæ семæ рувасдзуан! фæкæны, — радзырдта та йæм Цæукъа. 1 — Æ-тт, мæ хæдзар куыд байхæлд, гъе! — фестъæлфыд ру-.| вас, — уый куыйты дзугимæ рувасдзуан куы кæны, уæд æй æз| та мæхимæ уадзын кæнын?! — Иу каст ма фæкодта фæстæмæ,! стæй уыциу тъæбæрттæй лидзынмæ фæци. Кæм къудзийыл йæхщ скъуыры, кæм бындзæфхадыл, афтæмæй уайы. Йæ разы иу| æххормаг бирæгъ февзæрди. 1 — Гъей, кæркхъус, кæй карчы та фæхæссыс? Фæлæуу, мæнæн! дæр дзы фæхай кæн! — фæхъæр кодта бирæгъ рувасмæ. Рувас| 96
гьщцыл фæныфсджындæр æмæ фæлæууыд. Йæ улæфт йæ хъуырмæ схæццæ, афтæмæй ма сдзырдта: — Ды хъазгæ кæныс, къуыбырхъус, фæлæ ма æз тыхтæй мæлæтæй фервæзтæн. — Цы кодтай? — фæтарст бирæгъ дæр. Ракодта йын Рувас йæ хабæрттæ сæрæй бынмæ. — Æдылы дæ, рувас, кæд де ’миас хин æмæ кæлæн дæ, уæддæр! Искуы ма хъыбыл рувасдзуан кодта? Цом-ма, баца- мон мын сæ, æз уыцы стыр тохъылæн йæ нард къæдзил стонон. Рагæй йæм мæ дæндæгты къæпп-къæпп цæуы, фæлæ хъæуы цурæй ничердæм цыд, ныр мын æгайтма ардæм рацыдис! Цом! Куыйтæн сæ койæ дæр тæрсгæ кодта рувас. Кæддæр хъæуæй карк куыд рацæйдавта, афтæ йæ фæсте расырдтой æмæ ма сæ тыххæй раирвæзти. Карк дæр æй нал фæци, йæ къæдзилы æрдæг дæр уыдоны дзыхы баззад. Æмæ ныр дæр нал уæндыд, фæлæ, марадз, бирæгъæн ды "нæ" зæгъ æмæ дын æрра йæ даргъ æфсæртæ дæ къæбуты фæсадза! Асæпп-сæпп кодта рувас æнæбары бирæгъы разæй, фæлæ Цæукъа, Фыркъа, Хъыбылы хæдзармæ куы бахæстæг сты, уæд йæхи фæфæлывта, къутæры бын амбæхст æмæ бирæгъ тохъылы нард къæдзил куыд стигъдзæн, уымæ кæсынмæ йæхи сцæттæ кодта. Бирæгъ кауы зыхъхъыртæй кæсы æмæ уыны: дзæбидыры йас тохъыл! Йæ комыдæттæ рауадысты бирæгъæн дæр, фæлæ куыд фæхæстæуа уыцы нард къæдзилыл? Кау — бæрзо^д, дуæрттæ — фидар æхгæд! — Æз сыл хинæй рацæудзынæн, сар мын сæ къона кæны! — æмæ сэрм хъæлдзæг, "адджын" хъæлæсæй дзуры мидæмæ: — Гъе, хæдзаронтæ, æддæмæ-ма ракæсут! — Чи дæ? — бафарста йæ Фыркъа. — Уæ хорз сыхаг, уæ хорз сыхаг! Куывд кæнæм æмæ нæм аккаг скæнут! — бадзырдта та бирæгъ æмæ рагацау йæ даргъ æвзагæй йæ былтæ асæрфта. — Куывд, уый хорз хъуыддаг у, — загъта Фыркъа. — Фæлæ ма æххæст Цæукъа дæр æрбацæуа, уæд уæм ацæудзыстæм. — Æмæ кæм ис Цæукъа? — бадис кодта бирæгъ. — Цæукъа, уый топпæхсæг у æмæ бирæгъдзуан кæны ныртæккæ! Уыцы сахат Цæукъа æмæ Фыркъа сæ сыкъатæ кæрæдзиуыл ахъаззаг цæф ныккодтой, ахæм цæф, æмæ сæ хъæр раст топпы хъæрæй тынгдæр уыд. — Хъусыс ын йæ гæрæхтæм? — радзырдта та йæм Фыркъа. - Æртыккаг бирæгъы та афæлдæхта! 7 Мах дуг № 5, 1999 97
Бирæгъ дын айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ уыциу сæрæт акодта æмæ дыууæ гæппæн рувасы уæлхъус алæууыд. — Гъæ, хин æмæ кæлæнæй дзаг! Уыдон топпæхсæг куы ст: бирæгъдзуан куы кæнынц, уæд мæ барæй æрсайдтай, цæмае; мæ амарой? — æмæ дын рувасы йæ быны аууæрста. Уалынм| та Цæукъа æмæ Фыркъайы сыкъаты гыбар-гыбур ссыди. [ — Мæн дæр марынц, — фæхъæр кодта бирæгъ æмæ ли^ дзынмæ фæци. Рувас йæ фæстæ, сæ хъуын кæлы, афтæмæ/ уайынц. Сæ размæ — арс. — Цы ’рцыди бирæгъ, рувас, цы фыдбылыз уæ расуры, уый| — фæхъæр кодта арс бирæгъ æмæ рувасмæ. — Тыххæй мæлæтæй фервæзтыстæм, арс, тыххæй! — Æм йын бирæгъ хабæрттæ кæрæй-кæронмæ ракодта. — Гуымиры дæ, бирæгъ, гуымиры æмæ рагæй æрæгмæ гуьь) мирыйы лæбурдтытæ кæнын йеддæмæ ницы зоныс, — сбуст кодта арс бирæгъыл. — Кæд федтай Цæукъа топпæхсæг? Кæнно, ды, хъæды фыдбылыз! — фæкомкоммæ арс рувасмæ дæр. Кæд федтай хъыбылы рувасдзуангæнгæ! Асайдта уæ уыцк къæдзилджын! Цомут-ма, бдцамонут мын сæ бынат. Æз æй йа^ стыр къæдзилæй мæ уæрммæ баласон! '•. Бæргæ нæ фæнды цæуын бирæгъ æмæ рувасы, фæлæ, ма-;; радз, æмæ ды хъæды паддзахæн "нæ" зæгъын бауæнд! -/ Асирдта рувас разæй, йæ фæстæ сыллынксыллынкгæнгæйæ; — бирæгъ, се гасы фæсте та — дыдæгътæгæнгæйæ арс. ч Бахæццæ сты Цæукъа, Фыркъа æмæ Хъыбылы хæдзары размæ. Арс уыциу цыдæй сæ дуары размæ балæууыд æмæ сæм хъæр кæны: — Æз куы дæн ам хицау, уæд чи куыдз, чи хæрæг бауæндыд æнæ мæн бафæрсгæ ам хæдзæрттæ аразын? Бакæнут тагъд уае дуæрттæ æмæ мын уыцы къæдзилджыны хъалонæн ратæрут!.. — Чысыл багæдзæ кæн, хицау, нæма нæ æвдæлы! — ра- дзырдта йæм фæлмæн хъæлæсæй Цйеукъа! — Куыд æй не ’вдæлы мæнмæ, цы ми кæны? — тыфылтае калы арс. — Арс æрцахста æмæ йын уæртæ йæ царм удæгасæй стигъы! Уыцы сахат дын Хъыбыл, йæ бон цы уыдис, уымæй хъох- хъох кæнын байдыдта. ^’ — Хъусыс, куыд богътæ кæны, мæгуыр. Фæлæ йæ тагъд фæуыдзæн стыгъд æмæ дæм ныртæккæ фæцæуы! ] — Æтт, мæ хæдзар куыд байхæлд, гъе! — загъта та арс дæр* — Уый æрсыты удæгасæй куы стигъы, уед æй æз та мæхим цæуын кæнын? -А * 98
— Фæци йæ стыгъд, фæцæуы дæумæ дæр! — радзырдта та Цæукъа. Æрра уыд арс? Иæхи удæгасæй стигъын уагъта? Уыциу тъæбæртт фæкодта æмæ бирæгъ, рувасы уæлхъус æрбалæ- ууыд. — А, куыйтæ, куыйтæ, уый удæгас арсæн йæ царм куы стигъы, уæд мæ барæй сайгæ ракодтат, цæмæй мæн дæр бабын кæна? — уЕмæ, дын, йæ дзæмбыйæ хафт бирæгъы къæбутæн. Рувасы ма æрцæвынмæ куыд хъавыд, афтæ та Хъыбылы æрдиаг хъæдты араугæ ацыд. — Дыккаг арсы царм дæр та стигъы! — куыд фæхъæр кодта нæ хъæбатыр, афтæ арсыл цæст дæр нал фæхæцыд, афтæмæй лидзынмæ фæци. Бирæгъ, рувас дæр ма цы кодтаиккой? Ный- йарц сты арсы фæдыл. Цæукъа, Фыркъа æмæ Хъыбыл, худæгæй бакъæцæл сты. Арс, Бирæгъ æмæ Рувас, цыма сыл базыртæ базад, уый хуызæн къудзиты æмæ къутæрты сæрты куы тахты- сты, уæд. Уый фæстæ сæм иу цæуæг дæр нал уыд. Цалдæр боны ма дзæбæх фæминас кодтой хъæды Фыркъа Цæукъа æмæ Хъы- был, гъе, стæй иу изæрыгон хъазгæ, чъыллиппытæгæнгæ, дзæбæх домбай хуызтæй сæхимæ æрфардæг сты. Лæппу — Хъызылбег сын æрцæуыны æнхъæл нал уыд. Загъта: бахордтой мын кæмдæр сырдтæ мæ Цæукъа, Фыркъа æмæ Хъыбылы! Хъазгæ æмæ чъыл- липпытæгæнгæ æрбацæугæ та сæ куы федта, уæд уый дæр сæ размæ цингæнгæйæ рауад. Радзырдта йæ Мамытты Ауызби. Ныффыста йæ Туаты Дауит. "Мах дуг", 1950, № 6 99
<««^^ДШй^^^у58«ЯЭД!?Ш!Й» ХÆРÆГ ГАЛЫ КУЫД ФÆСАИДТА, УЫЙ ТЫХХÆЙ 1 ■ц у лæгмæ уыди дыууæ галы æмæ иу хæрæг. щ 1 Галтæй-иу хуым кодтой, æмæ фæлмæцыдысты| -&" Хæрæг та хæдзары рог куыстытæ кодта. Иу изæвд хуымгæнынæй æрбацæугæйæ галтæй иу хæрæгæн хъæстытай кæны, хуым кæнынæй тынг бафæлладтæн, зæгъгæ. Уæд ын хæрæи загъта: 1 — Уымæн дын æз хос ссардзынæн. | — Исты куы бакæнис, — загъта гал. \ — Уæдæ райсом дæхи скъуылых кæн, æмæ дæ кусынмæ на$ акæндзысты. | Галмæ хорзау фæкасти хæрæджы ныхас æмæ, бафæлвар^ дзынæн, зæгъгæ, загъта. Сæ хицау та, фосы ’взагæй чи зыдта, ахæм уыд æмæ сæм] сусæгæй хъуыста. Райсом хуыммæ цæуынафон гал йæ къахыл нал лæууыди, Хицау галы бæсты хæрæджы сифтындзын кодта æмæ дзы бон- изæрмæ хуым фæкодтой. Хæрæг тынг бафæллад. Изæры куь] æрбацыд, уæд æй гал фæрсы: V? — Цæй, куыд у дæ хабар, æнцон у хуым кæнын? < — Мæ хабар æвзæр нæу — загъта хæрæг, — фæлæ дæуæй афтæ зæгъынц, кæд, дам, райсоммæ галæн йæ къах не сдзæбæх^ уа, уæд æй æргæвдгæ кæнæм. 1 Гал æргæвдынæй фæтарст æмæ ма цæй къуылых æмæ цæщ цыдæр! Уыцы сахат йæ къахыл лæууын байдыдта. ^ Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ та сæм сæ хицау хъуыс| та.æмæ’хъæрæй ныххудти, хæрæгмæ дæр цас хиндзинæдтæ ис| зæгъгæ. 100
ХУЫ ЙÆХОЙЫ МАРДМÆКУЫД АЦЫД, УЫЙ ТАУРÆГЪ Иу лæппу æнæбын мигæнæн уæймæ раласта сыхаг хъæумæ. Иу ус ыл фембæлд æмæ йæ фæрсы: — Дæ мигæнæн нæ уæй кæныс? — Уæй кæнын. — Й’ аргъ та цы у? — Зынаргъ нæу, дыууæ йе ’дзаджы мæнæу рахæсс æмæ дын — мигæнæн. Ус цингæнгæйæ ацыди мæнæу хæссынмæ. Цалынмæ ус фæстæмæ здæхти, уæдмæ лæппу хуыйы хъусы зынг баппæрста, æмæ хуы хъыллистгæнгæ кæрты къуымты разгъор-базгъор кæны. Ус куы фæзынд, уæд лæппуйы фæрсы: — Мæ бон бакалди, мæ хуы та цы кодта? Лæппу фæцарæхст æмæ йын загъта: — Йе ’фсымæры хойы мард ын загътон æмæ ууыл кæуы. — Уæ, мæгуыр йæ бон, — ныссагъæс кодта ус, — уæдæ ныр мардмæ дæр чемæ ацæудзæнис? — Æз æй акæндзынæн, — загъта лæппу, — зианы тыххæй бафыдæбон хъæуы. — Акæн, дæ фæхъхъау фæуон, акæн. Йæхи-иу æгæр ма фæриссын кæнæд. Бузныг де ’гъдауæй. Лæппу дæр хуы æмæ дыууæ мигæнæны дзаг мæнæуимæ ра- фардæг сæхимæ. "Мах АуЛ 1940, № 10 101
АЛАЙ Ой алай, ой алай, ой алай, ой алай. Ой алай, чындзалæй чындзалæй, ой алай. Мах ахæм чындз фæхонæм, фæхонæм, ой алай. Нæртон чындз æй ысхонæм, ысхонæм, ой алай. Урсцъар æмæ тымбылрус, тымбылрус, ой алай. Уæнгрог æмæ зæрдæрухс, зæрдæрухс, ой алай. Хъазхъуыр æмæ фæтæнриу, фæтæнриу, ой алай. Æгъдауимæ куыстæн зиу, куыстæн зиу, ой алай. Сауцæст æмæ зылдæрфыг, зылдæрфыг, ой алай. Ахæм рæсугъд сырх фæрдыг, сырх фæрдыг, ой алай. Йæ бакастæй — сæрджын саг, сæрджын саг, ой алай. Йæ дæлæвзаг мыдæй дзаг, мыдæй дзаг, ой алай. Уæд кафынмæ куыд тасы, куыд тасы, ой алай. Йæ зæрин хил æрфасы, æрфасы, ой алай. 102
Йæ астæу уæд нылвасы, нылвасы, ой алай. Дардыл уæнгтæ куы айсы, куы айсы, ой алай. Уæларвонау æрсимы, æрсимы, ой алай. Сахъ зæрдæ йæм нырризы, нырризы, ой алай. Йæ иу уæхскыл — зырн авдæн, зырн авдæн, ой алай. Уым хъæбул ис йæ мадæн, йæ мадæн, ой алай. Рухс уыдзæнис йæ уалдзæг, йæ уалдзæг, ой алай. Рухс уыдзæнис йæ фæззæг, йæ фæззæг, ой алай. Йæ æхсаргард — болат цирхъ, болат цирхъ, ой алай. Йæ топпы хъæр — арвы цæлхъ, арвы цæлхъ, ой алай. Дзæгъæл къухтæн сæ бæттæг, сæ бæттæг, ой алай. Знаджы тыхæн — йæ сæттæг, йæ сæттæг, ой алай. Йæ бадæн бæх — цъæх уари, цъæх уари, ой алай. Йæ тырыса — сырх дари, сырх дари, ой алай. Ныффыста æмæ йыл бакуыста Бесолты Хъа- уырбег. Фехъуыста йæ Алагиры цæрæг 75-аздзыд Бесолты Хъайтыхъойæ. "Мах дут", 1941, № 4 103
АБАЙТЫВасо ФОЛКЛОР "Повторяю: начало искусства слова — в фольклоре. Собирайте ваш фольклор, учитесь на нем, обрабаты- вайте его... Чем лучше мы будем знать прошлое, тем легче, тем более глубоко и радостно поймем великое значение творимого нами настоящего". М. Горький. Заключительная речь на 1-м Всесоюзном съезде советских писателей I сент. 1934 г. Нæ фолклор у нæ национ културы хæзнатæн сæ ахъ- аззагдæртæи Нæ национ културæн аргъ кæнын фæнд куы скæнæм, уæд дзы сæйраг бынат æрцахсдзæн, не ’взаджы фарсмæ, нæ хъæздыг æмæ нæ рæсугъд фолклор: нæ таурæгътæ, нæ кадджытæ, нæ зарджытæ, нæ аргъæуттæ, не ’мбисæндтæ. Кæд иннæ култур- джын адæмтæй дæр алчи йæ фолклоры хæзнатæй стыр буц у, уæд сын мах та уæлдай аргъ уымæн хъуамæ кæнæм æмæ æнæуи културы æнтыстытæй ныронг фæстæзад кæй уыдыстæм, кæй нæм нæ уыд рагон чиныгфыссыны куыст, кæй нæм нæ уыд стыр, фæтæн æмæ рагон бындурыл æвæрд литератур, кæй нын нæ уыд чингуытæй фидаргонд æмæ бæлвырд истори. Фолклор — нæ истори сбæлвырд кæнынæн стыр ахъазгæнæг æрмæг Йæ таурæгътæ ’мæ нæ кадджытæ знон кæнæ ’ндæрæбон æрымысгæ мыййаг не сты. Уыдон цæуынц рагон фыдæлты за- ^Уацы хъахъхъæд æрцыдысты уæдыккон растфыссынады æгъдæуттæ — ахъуы- дыйаг сты абоны фæлтæрæи. — Редакци. 104
манæй, аивгъуыдта сыл бирæ сæдæ ’мæ бирæ мин азы. Царды тохы мидæг сæ фæлдыстой нæ фыдæлтæ, æмæ сын нæ уыд уыцы таурæгътæ ’мæ кадджыты мидæг æнæ равдисгæ сæ царды уаг æмæ сæ алфæмблай дуне, сæ тох æмæ сæ хæлардзинад æндæр адæмтимæ, сæ хæтæн бæстæтæ ’мæ сæ балцы фæндæгтæ, сæ мидæг æгъдæуттæ ’мæ сæ куысты фадæттæ, сæ зонды ахаст æмæ сæ хъару, сæ цин æмæ сæ маст, сæ хъуаг æмæ сæ бæллын. Ирон адæмæн та чингуыты фыст фидаргонд истори кæм нæ баззад, уымæ гæсгæ нæ историйыл кусджытæ уæлдай зæрди- агæй сæ хъус хъуамæ ’рдарой нæ фолклормæ: нæ рагон исто- рийы талынг къуымтæй бирæ фæрухс уыдзæн нæ таурæгътæ, нæ кадджытæ ’мæ нæ зарджыты фæрцы. Кæй зæгъын æй хъæуы, фолклоры æрмæгимæ цы историк архайа, уый хъуамæ ма рох кæна иу минут дæр критикон цæстæнгас. Фолклор æмæ æвзаг Нæ интеллигенттæй бирæмæ афтæ зыны, цыма не ’взаг, ирон æвзаг, у мæгуыр, къуымых æмæ гуымыдза. Афтæ та сæм уымæн зыны æмæ сæхицæй рох кæнын байдыдта се ’взаг, дыууæ ныха- сы æдæрсгæ кæрæдзийыл бабæттын нал арæхсынц æнæ уырыс- саг фæхæццæ. Афтæ чи зæгъы, не ’взаг мæгуыр у, уый ма, байхъусæд нæ кадæггæнджытæн сæ хуыздæртæм! Фæтæн æмæ æнæбын фур- дау сæ ныхас кæлы хъæздыг æмæ парахатæй, æнæфæкъуызгæ, æнæферхæцгæ, æнæ иу дзырд уæлдай, æнæ иу дзырд хъадджын; алы хъуыды, алы ныв, алы хабар дæр дзы арынц сæхицæн цы- быр æмæ æххæст равдыст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ног царды арæзтад æвæры не ’вза- джы раз ног домæнтæ: хъæздыг кæнын хъæуы æвзаг ног тер- минтæй, ног фæзилæнтæй, ног æрмæгæй. Фæлæ цæмæй не ’взаг стыхджын кæнын æмæ схъæздыг кæнын нæ бон бауа ног царды домæнтæм гæсгæйæ, уый тыххæй зонын хъæуы мах, цы фадæттæ ’мæ цы амæлттæ ’мбæхст и не ’взаджы мидæг. Æмæ уымæн та стыр æххуыс фæуыдзæн, куы ’ркæсæм арфдæр нæ фолклормæ, куы саргъ кæнæм йæ диссаджы хæрзарæхст æвзагæн. Уæлдай хæсджын сты нæ фысджытæ, цæмæй хæстæгдæр бацæуой нæ фолклормæ æмæ, фолклорыл ахуыргæнгæйæ, се 105
’взагыл хор’з бакусой. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ нæ фысджытæй! бирæйæн се^взаг зын æмбарæн тынгдæр уымæн у, æмæ, æндæш æвзæгтæ фæзмгæйæ (тынгдæр уырыссаг), фыссынц даргъ, ва^ зыгджын æмæ къабузджын периодтæй. Куы ’ркæсиккой зæрди-1 агдæр нæ фолклоры æвзагмæ, уæд фениккой, адæм сæхæдæг! цы хуызæн æвзагæн хуыздæр аргъ кæнынц: цыбыр, æлвæст,% хъæддых æм.^р рæстдзæф у нæ фолклоры ’взаг, æнæ къабуз^ æнæ гакъон-макъон. <3 Хъуамæ нЦ алчи дæр æмбара, литературон æвзаг аразгæйæ,^ фолклоры рæзты ацæуæн кæй нæй, уый. Фолклоры æвзаг у* адæмы æвзаг æмæ цæмæй нæ литературы æвзаг фæллойгæнæг] адæмæй ма адард уа, фæлæ сæм æнгом балæууа, уый тыххæй| хъуамæ йæхил^æ райса фолклоры ’взаджы хъæздыгдзинад^ æппæтдæр. \ ,\ Културджын\адæмты истори куы бакæсæм, уæд фендзыстæм; иттæг дзæбæх: сæ литературон æвзаг-иу тыхджын æмæ пара-'^ хат æрмæст уæд1сси, сæ фысджытæ-иу фолклормæ куы балæу— уыдысты, æндæр æвзæгтæ ’мæ æндæр литературтæ фæзмыны; бæсты-иу куы саевæрдтой се сфæлдыстад адæмы ’взаджы фи--. дар бындурыл. Æрмæст гъе уæд-иу сæвзæрд уыцы адæмтæм бæлвырд национ ]\итератур. Фолклор æмæ литератур Стыр æмæ културджын адæмтæн се ’ппæтæн дæр сæ литера- туры бæрзонд æмае кадджын бынат ахсы сæ фолклор. Алчи дæр зоны, Ьы кад æмæ цы аргъ ис дунейы литературы мидæг рагон грекътВ|1 разагъды поемæтæн, "Илиадæ" ’мæ "Одис- сейæн". Уыцы поемæтæ, кæд сæ Гомеры æрымысгæ хонынц, уæддæр сæ бындур у.адæмы кадджытæй, раст нæхи Нарты кад-"\ джыты хуызæн. 1 Фолклоры мæрыл æрзадысты рагон индусты дардыл хъуыст поемæтæ, "Магъабгъаратæ", ’мае "Рамайанæ". Чи нæ фехъуыста \араппаг æвзагыл фыст диссаджы аргъ- æутты кой, "Мин æмæ\иу æхсæвы аргъæутты" кой, алы ’взагмæ дæр ивд чи ’рцыди æмæ адæмтæ, ахуыргондæй, æнахуыргондæй, чысылæй, стырæй кæсьшæй кæй не ’фсæдынц! Æрæджы æгас кул^урджын дуне дæр кад кодтой Ираны стырдæр поет Фирдоусийæн, йæ райгуырæнæй мин азы кæй рацыд, уый фæдыл. Фирдоуси æнусы ном скодта йæхицæн йæ; поемæ "Сах-Намейæ" -Д "Сах-Намейæн" та йæ фыццаг æмбис 106
арæзт у иудадзыгдæр, кæрæй-кæронмæ, фолклоры ’рмæгыл, рагон Ираны мифтæ ’мæ кадджытыл. Дардыл хъуыст у сæ кой финнты епос "Калевалæ", келт æмæ францы таурæгъ — "Тристан æмæ Изолдæ", цæгат гермайнаг адæмты епос — "Еддæ", германы "Нибелунгты" кадæг æмæ æндæр ахæм адæмы сфæлдыст кадджытæ ’мæ таурæгътæн. Дзутт æмæ чырыстæттæ дины чиныгыл кæй нымайынц, уыцы разагъды "Библийæн" йæ дзæвгар хай у мифтæ ’мæ аргъæутты æмбырдгонд. Дунейы номдзыд фысджытæй бирæ ахæм нæ разындзæн, йе сфæлдыстады стыр хæсджын чи нæ у фолклорæй, адæмы тау- рæгътæ, аргъæуттæ, кадджытæ ’мæ зарджытæ. Дунейы стырдæр поеттæ, сæ адæмтæ буц кæмæй сты, уыдон иууылдæр æнæвгъау æмæ парахатæй истой се сфæлдыстадмæ фолклоры æнæбын денджызæй^ Рагон грекъаг фысджытæ Есхил æмæ Софокл сæ ахъаззагдæр драмæтæ сарæзтой адæмы таурæгъты æрмæгыл: "Прометей", "Авдæй Фивы ныхмæ", æмæ æндæртæ. Овидийы диссаджы "Метаморфозтæ" сты поетикон æвзагмæ ивд адæмы мифтæ. Фолклоры бындурыл арæзт сты Вергилийы "Енеидæ" æмæ Апулейы"Сызгъæрин хæрæг" (уæлдайдæр "Амур æмæ Психейы" епизод). Боккаччойы "Декамеронæн" йæ фылдæр хай у адæмон æмбисæндтыл арæзт. Æнæвгъау истой фолклорæй иннæ италиаг поеттæ дæр: Бойардо æмæ Ариосто ("Роланды кадæг"), Тассо ("Риналдо" æмæ "Сæрибаргонд Иерусалим") æмæ æнд. Парахатæй хъацыд сты фолклорон мотивæй Францы разагъ- ды фыссæг Раблейы романтæ "Гаргантуа" æмæ "Пантагруел". Гйотейы номхæссæн поемæ "Фауст", герман сæхи буц цы « Фаустæй" кæнынц, уымæн йæ бындур у рагон адæмон таурæгъ. Фолкорон æрмæгыл арæзт сты Шиллеры "Вилгелм Телл", Валтер Скотты балладæтæ æмæ иуæй-иу романтæ, Милтоны "Сæфт дзæнæт", Байроны "Манфред", Лонгфеллойы "Гайава- тайы кадæг", Пушкины "Руслан æмæ Лйудмилæ", стæй йæ "Ар- гъæуттæ", Лермонтовы "Каланщиков-къупецы кадæг" æмæ но- джы бирæ хæрзаив поетикон сфæлдыстытæ æгас дунейы лите- ратуры дæр. Нæхи ирон литератур дæр, нырма хæрз æрыгон уæвгæйæ, февнæлдтытæ кодта фолклорон æрмæгмæ, æмæ уыцы фыццаг февнæлдтытæй дæр бæрæг у, цы диссаджы фадæттæ, цы рæсугъд поетикон æрмæг æмæ сйужеттæ æмбæхст и нæ фолклоры мидæг, нæ литературæ схъæздыг кæнынæн чи сбæздзæн, ахæм. 107
Нæ литературы сæууон стъалы Къоста иттæг арф æма| æххæстæй æмбæрста нæ фолклорæн йæ уд æмæ йæ ирд æмщ рæсугæй равдыста йе сфæлдыстады: "Æфсати", "Уæлмæрдты,'| "Лæскъдзæрæн", "Лæг æви ус", "Саг æмæ уызын", "Рувас æма| згъарæг" "Марходарæг", "Булкъ æмæ мыд",«Арс æмæ 6ирæгъ"| "Æрра фыййау" — ацы уацмыстæ арæзт сты иууылдæр фолк| лоры ’рмæгыл. ’ 3 Не ’ннæ фысджытæй дæр бирæ сæ ахъаззагдæр фæллæйттаН самадтой фолклоры бындурыл: \! Гæдиаты Секъа: "Чермен", "Арагуийы ’лдар" æмæ æнд.,| Къубалты Алыксандр: "Æфхæрдты Хæсанæ", '-!) Брытъиаты Елбыздыхъо: "Хазби", "Амыран", ^ Малиты Георги: "Гъонгæси фурт—мæгур Мæхæмæт" æмæ æндЗ" Чермен: «Мæсгуытæ дзурынц". .| Хъуылаты С: "Тотрадзы зарæг" æмæ æнд. >§ Кæй зæгъын æй хъæуы, адæттæ иууылдæр нырма фыццай къахдзæфтæ сты, фидар, бæстон къахдзæфтæ. Нæ фолклорц æнæнымæц хæзнатæ сызгъæрин æрзæтау нæ фысджыты ра^ калдæй лæууынц, æмæ кæд сæ хъару ’мæ сæ курдиат амона, уæД> ма нын дзы равдисдзысты бирæ цæхæртæ калгæ поетикон1 фæрдгуытæ. \ Фолклор æмæ национ културæ Сæ национ културæ сбæрзонд кæныныл цы адæмтæ архайд-; той мах агъоммæ, уыдонæй сæ тыхджындæр хотыхтæй иу уыди — фолклор, сæ национ фолклор. Уæлдай ахъаз фæци фолклор уыцы адæмтæн, кæцытæ уыдысты тыхджындæр адæмтæй æфхæрд æмæ ыссæст æмæ, уымæ гæсгæ, сæ национ култур дæр сæфты къахыл фæцæйлæууыди. Афтæ уыд, цæвиттон, чехтæ æмæ венгырты хабар 150-200 азы агъоммæ. Герман сыл поли- тикон æмæ културон æлдариуæг кодтой. Сæ интеллигенци се-! ’взагыл стырзæрдæ байдыдта: дзырдтой æмæ фыстой фылдæр гермайнагау. Æрмæст ма фæллойгæнæг адæм сыгъдæгæй æмае^ уарзгæйæ дардтой сæ национ хæзнатæ: се ’взаг æмæ сæ фолк-; лор. Афтæмæй 19-æм сæдæазы райдайæны, културон змæлд^ куы стыхджын чехтæ æмæ венгырмæ, уæд фос зæхмæ сæхй| куыд калой, афтæ бакалдтой сæ ахуыргонд адæм сæхи нациоН] фо’лклормæ, адæмон таурæгътæм, кадджытæм, зарджытæМ| Ныггуыбыр кодтой æмæ схуыпп кодтой адæмы сфæлдыстадй æвидигæ суадонæй, æмæ йын йæ ад куы базыдтой, уæд ыл зæрди| агæй кусын байдыдтой, æмæ сын хосау фæци културон цагъай! 108
радæй фервæзынæн, сæ национ култур ссæрибар кæнынæн æмæ стыхджын кæнынæн. Кæд уыдонæн, ыссæст æмæ æфхæрд уæвгæйæ, бантыст сæ на- цион култур сфидар кæнын, уæд куыннæ хъуамæ бантыса махæн, Октябры революци политикон æмæ экономикон цагъайрадæй кæй ссæрибар кодта, советон хицауад æмæ коммунистон парти кæмæн байгом кодтой уæрæх фæндаг, цæмæй нæ културон тыхтæ ’мæ хæзнатæ раргом кæнæм социализмы хуры бын! Мæнмæ афтæ кæсы æмæ нæ фолклорæн аккаг аргъ кæнын нæма базыдтам. Нæма йын æмбарæм йæ хъæздыгдзинад, йæ арф, йæ рæсугъд- дзинад. Нæма йын æмбарæм йæ национ характер, йæ историон апп. Национ културæ аразынæн æмæ нæ литератур сфидар кæнынæн цы ахъазгæнæг хотых у, уый куыд æмбæлы, афтæ нæма рахатыдтам. Йæ сæйрагдæр миниуæг нæ фолклорæн уый у, æмæ дзы æна- хуыр стыр бынат ахсы епос: кадджытæ, историон таурæгътæ ?мæ зарджытæ. Епос кæддæриддæр баст вæййы адæмæн йæ ис- ториимæ. Махæн та, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй чиныджы фыст истори нæ баззад, æмæ нæ уый тыххæй уæлдай зæрди- агæй æркæсын хъæуы нæ епосмæ. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ис нырма дзæвгар кадæггæн- джытæ, стæй фыдæлты хабæрттæ, таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ хорз чи зоны, ахæм зæронд лæгтæ. Бацархайын хъæуы, цæмæй, уыдон кæй зонынц, уымæй иу ныхас дæр æнæ фыст ма ’рцæуа. Мыггæгтæй чи кæцæй ралыгъди, кæцы мыггæгтæ кæрæдзиимæ ’рвадиуæг кæнынц, чи кæимæ хæцыд фыдæлты заманы, хъæутæй чи кæд арæзт æрцыд, мæсгуытæ ’мæ галуантæ кæй арæзт сты, хицæн сгуыхт лæгтыл цавæр зарджытæ ’мæ таурæгътæ ис — адæттæ йедтæ бæстон æмбырдгонд куы ’рцæуой, уæд стыр ахъаз фæуыдзысты нæ историйæн. Ирон адæмæн сæ иуыл рагон култур раиртасынæн та стыр зынаргъ æрмæг сты Нарты кадджытæ. Кæд Нарты кадджыты мидæг историйы елементтæ тынг хæццæ сты мифологийы еле- менттимæ, уæддæр сын лæмбынæг анализæй ис кæрæдзийæ раиртасæн æмæ саргъ кæнæн дыууæтæн дæр. Бирæтæ мæ фæфæрсынц: "Нарты епос сыгъдæг ирон епос у, æви æндæр адæмтæй æрбафтгæ у?" "Сыгъдæг" културы продукттæ дунейыл иу ран дæр нæй. Адæмтæ ’мæ културтæ иудадзыг кæрæдзиимæ хæццæ гæнгæйæ рæзынц æмæ размæ цæуынц. Нæй адæмтæн æнæ кæрæдзийыл ныдзæвгæ æмæ æнæ кæрæдзиимæ ивгæ сæ културы хæзнатæ. Фæлæ 109
уæддæр адæмæн национ епос куы вæййы, ома ацы адæмы ’хса бирæ сæдæ азы чи цард, ахæм епос, уæд сын нæй адæмæн уьц] епосы æнæ равдисгæ сæ цæсгом, сæ царды хатт, сæ историй хабæрттæ. Ахæм цæстæнгасæй куы ’ркæсæм Нарты кадджытае| уæд нæ бон у зæгъын: ай-гъай, уый у нæ национ епос. Сыгъда ирон æууæлтæ ис æппæты разæй "Æхсар æмæ Æхсæртæджк циклмæ. Уый фæстæ ирон елементтæй арæзт у йæ фылдаеЦ "Уырызмæг æмæ Сатанайы" циклæн, стæй "Батрадзы" циклæн.« Бирæ дзурын ыл нæ хъæуы, куыд аргъ хъуамæ кæнæм нæ епосæн, куыд бæстон æй хъуамæ æмбырд кæнæм, æмæ мыхуьст ры уадзæм, куыд зæрдиагæй йыл хъуамæ кусæм йæ раиртасьщ ныл, йæ историон интерпретацийыл. Ц Стыр хъус даринаг у нæ музыкæ, нæ адæмон музыкæ, нæ фол| клорæн йæ ахъаззагдæр хай. Ацы сахат Æппæт Цæдисы Акаде! ми бавнæлдта ирон музыкæ раиртасын æмæ мыхуыры рауадзынма! Уыцы фæллой куы рацæуа, уæд уый уыдзæн нæ културон цардщ тынг зынгæ бантыст. Не ’ппæтæн дæр хæс у баххуыс кæнын, цæмæ! æнæкъуылымпыйæ кæронмæ ахæццæ уа уыцы куыст. Æ Кæцырдæмдæриддæр акæсæм нæ фолклоры фæтæн быдыртцй алы ран дæр ис бирæ бакусинаг, бирæ æхсызгон æмæ, зæрда кæмæ райы, ахæм хъуыддæгтæ. Бирæ ма ис адæмы ’хсæн ахæщ кадджытæ, зарджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ| æппындæр фыст чи нæма ’рцыд. Уый æддейы зæронд зарджыта! ’мæ аргъæуттæ сæ хуыз ивынц, фæзынынц ног зарджытæ, нод фолклор. Уыдæттæ сеппæт æрæмбырд кæнын у нæ национ култу^ рыл кусджыты хæс. 1 Иуæй-иутæ афтæ зæгъынц, нæ фолклор, дам, мæлæтдзаЦ къахыл ныллæууыди, нал, дам, сæвзæрдзæн нæ адæмы ’хсæй ног зарджытæ, ног æмбисæндтæ, ног таурæгътæ. Уый раст нæу| Цалынмæ адæмæн йæ зонд æмæ йæ зæрдæ æнæ сахъат сты| уæдмæ нæй сихсийæн йе сфæлдыстады суадонæн. Нæй йьп| сихсийæн уæлдайдæр ныры заманы, ног царды дуæрттæ куЫ] байгом сты нæ адæмы раз æмæ бонæй -бонмæ йæ зæрдæ рухсдæр! куы кæны йæ царды фадæттæй. Нæ, фолклор нæ амарди æма * нæ амæлдзæн Ирыстоны! Заргæйæ ’мæ кусгæйæ, кусгæйæ 'м^| заргæйæ — афтæмæй цæудзысты ирон адæм се ^фсымæр сове^ тон адæмты рæнхъы сæ рухс фидæнмæ. "Мах дуг", 1935, № 7-1\ 110
МЫСИНÆГТÆ ГАРДАНТЫМихал КЪОСТАИМÆ ФЕМБÆЛДТЫТÆ остайы ном раджы айхъуыст Ирыстоныл, æппæт ЪКавказыл. Уый уыдис адæмæн сæ хъæбатыр фырт, сæ зарæггæнæг, сæ бартыл тохгæнæг. Æмæ, поэт йæ цард, йæ диссаджы поэтикон сфæлдыстад æнæвгъау кæмæн радта, уыцы æфхæрд адæмтæ йæ кæддæриддæр æнæкæрон бирæ уарзтой, хæцыдысты йæ фарс, кастысты йæм æххуыс æнхъæлмæ. Уый сын лæвæрдта йе ’ххуысы хай æмæ йын кодтой стыр кад. Къостайы фенынмæ, уый зондæй бафæрсынмæ, йæ фæдыл цæ- уынмæ тынгдæр бæллыдысты ирон фæсивæды раззагдæртæ. Уыдо- ныл нæхи нымадтам мах дæр. Æмæ 1890-æм азы, Æрыдоны дины скъолайы ахуыр кæнгæйæ, сфæнд кодтон Къостаимæ базонгæ уæвын, фæллойгæнæг дзыллæты æхсæн сæрибар æмæ рухсдзи- над тауыны сæраппонд уый цы фæндагыл лæууыд, ууыл цæуын. Къоста уыцы рæстæджы нымад уыд хæдхæцæг паддзахы стырдæр знæгтæй иуыл. Йæ райгуырæн Ирыстоны йын цæры- ны бар дæр нæ уыдис. Æрыдоны дины скъолайы разамон- джытæ æмæ моладзантæ дæр поэтмæ хорз цæстæй кастаиккой. Уыдон дæр, стæй бынæттон буржуазон элементтæ дæр сæ хъус Дардтой, студенттæй Къостайы фыстытæ, науæд æндæр рево- люционерты чингуытæ чи касти, уыдонмæ æмæ-иу сæ куы ба- ^ыдтой, уæд-иу сæ скъолайæ асырдтой. Иу бæрæгбоны рæстæджы æз бацархайдтон мæхи скъолайæ ^ртæ боны дæргъы ракурыныл æмæ фистæгæй араст дæн Æры- Донæй Дзæуджыхъæумæ. Уый уыдис 1892 азы, фыццæгæм ок- ],ябры — раст, не скъолайы дины бæрæгбон куы уыд, уæд. Горæты бацыдтæн поэт Цæголты Михалы фырт Георгимæ. ^ый зыдта Къостайы фатер æмæ мын æй бацамыдта. Къоста Уæд, æнхъæлдæн, Æрыдоны номыл уынджы цардис (æви Тиф- Дисы уынджы, дзæбæх æй нал хъуыды кæнын). Бацыдтæн æмæ 111
дуар бахостон. Рацыдис мæм фыдхуызгомау ацæргæ сылго; маг æмæ мын загъта: — Къоста ныртæккæ ам нæй. Ам вæййы райсомæй 9 сах* тыл, кæнæ та боны æртæ сахатыл. Æз фæстæмæ ацыдтæн. Къостайы фенынмæ бæлгæйæ, м; зæрдæ иу ран нал лæууыд. Рæстæг дæр ныддаргъ. ФæндыдЙ! мæ, тагъддæр куы уаиккой минуттæ æмæ æртæ сахаты ку: суаид, уый. 1892 азы, 2-æм октябры, боны раст æртæ сахаты куы ссй; уæд та бахостон Къостайы фатеры дуар. Уайтагъд дуар фего: ракастис мæм хæрзконд, зæрдæмæдзæугæ, гуырджын лæппулæ: иу дæс æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм. Салам мын радта] стæй мæ бафарста: — Чи дæ хъæуы, æфсымæр? Æз фæсырх дæн æмæ æфсæрмдзастæй дзуапп радтон: — Бахатыр кæн, мæн Къоста хъæуы, фенон æй. Лæг йæ мидбылты бахудти, дуæрттæ уæрæхдæр байгом кодти, Йæ къухæй мын бацамыдта уатмæ æмæ дыууæйæ дæр мидæмаз бахызтыстæм. Кæд мын йæхи нæма бацамыдта, уæддæр æз ба^' зыдтон, уый Къоста кæй у, уый, æмæ мæ зæрдæ цинæй бай- дзаг. Йæ иу къахæй чысыл къуылых цыд кодта. Иу дуарыл бахызтыстæм хурныгуылæнырдæм тыргъмæ, уырдыгæй гали- уырдæм æндæр уатмæ бацыдыстæм. Уый уыдис Къостайы нывгæнæн мастерской. Уаты уайтагъд ауыдтон ног конд ныв: æрыгон хæххон лæппу^ дурсæттæг. Уый дзæбугæй сæтты дуртæ, мæллæг, фæлурс, йае дзаума ранæй-рæтты скъуыдтæ. ’ Уыцы æнамонд мæгуыр сывæллоны нывмæ кæсгæйæ мае зæрдæйы тугтæ ныттагъдысты. Сæргуыбырæй йæм дзæвгай фæкастæн. Уым ма уыд цыдæр зæдты нывтæ дæр, Къоста мын уыдонмæ бацамыдта. Æркастæн сæм æмæ йын æфсæрмдзастæй загътон: I — Ахæм хъæздыгцардгæнæг "зæдтæ" махмæ дæр бирæ ис| адæймаджы зæрдæмæ уыйбæрц нæ хизынц. Фæлæ æз тын: тæригъæд кæнын уæртæ уыцы мæгуыр лæппуйæн. Къоста та мæ ныхæстыл йæ мидбылты бахудт æмæ инв уатмæ бахызт. Æз иуцасдæр рæстæг иунæгæй аззадтæн. Нывтæ; кæсгæйæ хъуыдыты аныгъуылдтæн æмæ нæ бафиппайдток Къоста фæстæмæ куыд рацыдис, уый. ’ — Цом мидæмæ, иннæ уатмæ, — загъта уый æмæ бац дыстæм, йæ рудзгуытæ хурныгуылæнырдæм кæмæн уыдыст^ ахæм къаннæг уатмæ. Бандон мын æрæвæрдта: 112
— Табуафси, сбад, — бандонмæ мын бацамыдта, йæхæдæг, рудзынджы цур персайнаг гауызæй æмбæрзт чи уыд, ахæм тъах- тиныл æрбадт... — Гъе, уый дын мæнæ æз, Къоста, — загъта уый æмæ мæм, цыма исты хабармæ æнхъæлмæ каст, уый каст æрбакодта. Æз дæр æм лæмбынæгдæр æркастæн: æмбисонды хæрзконд лæппулæг, — йæ ных — бæрзонд, цæхæрцæст, йæ рихитæ дæр сау-сауид, йæ боцъо дæр уыд рæсугъд, цыбыр æлвыд. Иуны- хасæй — æцæг ирон лæг. Æз уый агъоммæ бирæ хæттытæ фехъуыстон, зæгъгæ, дам, Къоста дæсны у, кæимæ йæ куыд ныхас кæнын хъæуы, уымæ. Йæ хæлæрттимæ фæлмæн æмæ хъæлдзæгæй фæныхас кæны, кæй нæ уарза, уыимæ та æнæхатырæй. Бандон мын куы æрæвæрдта, уæд æз ноджы тынгдæр ныфс- æрмы дæн. Худинаг мæм касти, кæстæр уæвгæйæ, йе ’мрæнхъ сбадын. Къоста мæ бамбæрста æмæ мын ногæй бацамыдта бан- донмæ: — Æфсæрмы ма кæн, сбад æмæ мын дæ хабæрттæ радзур. — Æз Æрыдоны дины скъолайы кæсын, чырыстонхъæуккаг дæн, Гардантæй, — загътон æмæ та ногæй ныхъхъус дæн, цыма мæм дзуринаг æппындæр ницыуал уыд, цыма æз æрмæстдæр Къостайæн йæ фенынмæ æрбацыдтæн, афтæ. Кæсынæй йæм нал æфсæстæн. Къостайыл уыдис хуымæтæджы дарæс — сау хæдон. Ахæм хуымæтæджы дарæсы йæ уый фæстæ никуыуал федтон. Уый æдзухдæр дардта цухъхъа, бухархуд æмæ хæдбынтæ, басы- лыхъхъ, хъама ирон ронимæ — хæрз стæм хатт ыл-иу уыдис нымæт дæр. Мемæ куыд фылдæр ныхас кодта, афтæ йæ зæрдæ йæхимæ тынгдæр æлвæста. Къостаимæ ныхас кæнынæй, æвæццæгæн, никуы бафæлладаин. — Къоста, — æппынфæстаг сдзырдтон æз. — Иу чысыл бас- ня ныффыстон: "Тулдз æмæ æхсæр". — Æмæ йæм радтон мæ къухфыст. Къоста йæ йæхинымæр цадæггай бакастис, стæй мæ бафарста: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цы зæгъынмæ хъавыдтæ ацы бас- няйæ? — Иуæй-иу бонджынтæ, æлдæрттæ, сауджынтæ æмæ æндæр ахæмтæ сæхимæ тулдзы хуызæн фидар кæсынц. Ницæмæ да- рынц лыстæг æхсæр бæлæсты. Кавказы мингæйттæй чи рæзы æмæ бирæ æхсæртæ кæуыл æрзайы, уыдоны. Ома фæллойгæнæг мæгуыр адæмы. 8 Мах дуг № 5, 1999 113
— Раст, тынг раст зæгъыс, мæ хæлар, Михал, — мæ номæ^ мæм сдзырдта. Æвæццæгæн æй æмдзæвгæйы бынмæ бакасти, — Махæн демæ нæ хъуыдытæ иу ранмæ цæуынц. Æнæмæнг иу хъуыддагæй хъыгдард стæм. Хъуамæ нæ тох бонджынты ныхмæ уа æфхæрд адæмы царды сæраппонд... Бирæ фæлмæн ныхæстæ ма фæкодтам. Хъæуы, скъолайы хабæрттæй мæ фæфарста Къоста. Стæй йæм мæ фыст ныу- уагътон, хæрзбон ын загътон. Уый та мæнæн фæндараст. Афтæмæй ме скъоламæ фæстæмæ æрцыдтæн. Уæдæй фæстæмæ æз зæрдиагæй архайдтон, Къостаимæ нæм цы бастдзинад рау- адис, уый фидардæр кæныныл... 1893-æм азы, 20 июлы, æз каст фæдæн, цы скъолайы хабар кодтон, уый. Кусын райдыдтон адæмон ахуыргæнæгæй. Уыцы рæстæджы Къостайæн Ирыстоны цæрыны бар нæ уыдис. Уый ацыд йе ’рвад Хетæгкаты Андухъапармæ, Петербургмæ. Андухъ- апар уым уæд дохтырæй куыста. Къоста йæм иуцасдæр рæстæг ацард, стæй дыууæйæ сæр сфæнд кодтой Ирыстонмæ ссæуын. 1896 азы та ссыдтæн Дзæуджыхъæумæ. Уæд æз кусын рай- дыдтон Терчы облæсты скъолаты инспекторæй. Базыдтам, Къо- ста Андухъапаримæ Петербургæй сусæгæй кæй ссыдис, уый. Къоста Терчы облæсты администарцийæ йæхи æмбæхста æмæ йæ фысым æркодта Ирыхъæуы, Колытæм. Ирыстоны зынаргъ поэт йæ райгуырæн бæстæмæ кæй фæзынд, уый Къостайæн йæ хæстæгдæр æмбæлтты йеддæмæ ничи зыдта. Уыцы æмбæлттæй иу уыд поэт Цæголты Георги. Цæголы-фырт зæрдиагæй архайдта Къостайæн кад æмæ цыт саразыныл, йе сбуц кæныныл. Цæголы-фырты фæндонмæ гæсгæ, Къостайы куыд æмбæлы, афтæ суазæг кæныны тыххæй, горæ- ты сæрмæ Сапитскæй будкæйы куывд скодтой. Июны æви июлы уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын. Æрмæст ма мæ зæрдыл лæууы— сабат бон уыд. Кæуыл æууæн- дыдтæн, ахæм дыууæ æмбалы — Тотойы-фырт æмæ Бердиайы- фырты мемæ райстон, æмæ ссыдыстæм нæ нысангонд бынатмæ. Бирæ хорз ныхæстæ фæкодтам. Нæ къам Къостаимæ иумæ си- стам. Хуызисæджы мыггаг уыд Дзанайтæй -Хетæгкатæй, Алкæй дæр фæндыд Къостамæ хæстæгдæр балæууын, уыимæ фылдæр ныхæстæ кæнын. Рæсугъд къохы, сыгъдæг уæлдæфы бирæ дидинджыты аст- æу, хъæздыг фынг æрæвæрдтой. Фынджы хистæрæн равзæр- стам Къостайæн йæхи. Æз азарыдтæн, Къоста цы зарæг уарзта "Къуыдары зæронд лæг", зæгъгæ, уый. Мæнæй йæ райста Къо- ста. Иууылдæр ын диссаджы зæрдиагæй хъырныдтой. 114 1
Не ’ппæтæн дæр нæ каст Къостамæ уыд. Уый хъæлдзæг уыд, йæ цæстытæй худт, цавæрдæр ныфсы цæхæртæ сæ æрттыв- той. Къоста фыццаг расидтис нæ фембæлд саразæг поэт Цæгол- ты Георгийы цæрæнбоны тыххæй. — Хорз æрхъуыды уыд, æмбæлттæ, раст куы зæгъæм, уæд Георгийы æрхъуыды æмæ йын йæ цæрæнбоны тыххæй баназæм... — Хорз, тынг хорз, Къоста! — загътой æмбæлттæ æмæ йын йæ сидт кæронмæ ахæццæ кодтой. Уый фæстæ бирæ æндæр гаджидæуттæ. Хæрд, æмæ нозты хъæлдзæгдзинады фынг дарддæр йæ куыст кодта. Бирæ дзы уыдис хъуыддаджы ныхæстæ. Ныхас рацыдис хæххон сыл- гоймæгтæн ахуырадмæ фæндаг аразыны тыххæй дæр. Къоста амыдта, зæгъгæ, хъуамæ хæххон сылгоймаг нæлгоймагимæ æмбар уа, лæппутæ æмæ чызджытæ хъуамæ æмхуызон хай исой ахуырад æмæ рухсадæй. Мах — ахуыргæнджытæ — уыцы хъуыддаджы Къостайы фарс уыдыстæм. Нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ иумæ æмхуызонæй ахуыр кæной, зæгъгæ, уый ныхмæ чи лæууыд, ахæмтæ дæр дзы ра- зынд не ’хсæн. Уыдонæй уыдысты горæты хицау Байаты Гаппо, стæй горæты скъолаты ахуыргæнæг Тыбылы-фырт. Æмæ сæ дыууæйы тыххæй дæр Къоста хъазгæ æфхæрæн ныхас кодта. "Зондджын ахуыргæнæг у Тыбылы-фырт. Уый нæ хъæуы ах- уыргонд ус. Ахуыргонд ус коммæ нæ фæкæсы"... Байаты Гаппойы дæр æлхыскъ кодта йæ цыргъ ныхæстæй: "Зондæй йе ’мыдзаг у Байы-фырты сæр, уый хуымæтæджы не сси Горæты сæр"... Фæлæ нын уалынмæ нæ хъахъхъæнджытæ фехъусын код- той: — Терчы рахиз былыл, Тарскийы хуторырдæм, дам, пъæлицæ дзыгуырæй ссæуынц. Æнæмæнг та уыдон кæйдæр агурынц. Уыцы бæллæхæй нæ нæхи æвæстиатæй бахъахъхъæнын хъуыд. Къостайæн йæхи амындмæ гæсгæ æмбæлттæ иугæйттæй сæхи æмбæхсынмæ фесты. Æрмæст Къоста, Андухъапар æмæ æз нæхи нæ бафæсвæд кодтам. Нæ бынатæй æмраст къахвæндагыл горæтмæ араст стæм пъæлицæйæгтæн сæ тæккæ комкоммæ. Къостайæн йæ плащ уыд йæ галиу цонгыл, йæ рахиз къухы та — зонт. Уымæй хъазгæйæ цыд Къоста æмæ дзырдта: — Де знагыл дæ фæуæлахиз уæвын куы фæнда, уæд æм кæддæриддæр комкоммæ ныфсджынæй, лæгæй-лæгмæ цу!.. Мах ничи бахъыгдардта. Фæлæ хъæды немæ чи уыдис, 115
уыдонæй бирæтæ ахст æрцыдысты. Ахст æрцыдис поэт Цæгоду| ты Георги дæр. Мæн та мæ куыстæй аиуварс кодтой — полити-1 кон æгъдауæй мыл æууæнк куыд нал уыдис, уымæ гæсгæ. *4' Къостаимæ уыцы фембæлд махæй бирæтæн феххуыс нæ дард-> дæры революцион куысты фæндагыл фидардæр æмæ иузæрди-! ондæрæй цæуынæн. Уæдæй фæстæмæ Къостаимæ бирæ хæттыты сæмбæлдтæн. Нæ ныхасы сæр-иу тынгдæр уыдис ирон æвзагыл газеттæ æмæ чингуытæ мыхуыр кæныны хъуыддаг. Къоста-иу арæх цыдис Æрыдонмæ. Йæ фысым уыд ахуыр- гæнæг Хуырымты Аврам. — Сауджынтæ мын дзæбæх æхца фидынц зæдты нывтæ скæнæггаг. Архайын æз дæр! Уæдæ цы чындæуа! — уыцы ныхæстæ цалдæр хатты фехъуыстон æз Къостайæ Нæ бастдзинад ноджы тынгдæр сфидар, газет "Цæгат Кав-^ каз"-ы редакцийы æмгусджытæ куы уыдыстæм, уæд. Уыцы рæстæджы Къоста тынг æххуыс кодта бынæттон автортæн, редакцимæ цы æрмæг æрвыстой, уыдон-иу средакци кодта æмæ сæ тагъддæр ныммыхуыр кæныныл архайдта. Ралæууыд 1900 аз. Къостайæн ахæстон æмæ зын цард йæ тых басастой. Низ ыл уæлахиз кæнын райдыдта. Фæстаг хатт ма Къостайы Æрыдоны куы федтон, уæд ме ’рыдойнаг æмбæлттæн дзырдтон, Къостайæн йæ хъару йæхимæ нал ис, зæгъгæ. Уыдон дæр загътой: — Раст у, Къостамæ йæ кæддæры хъарутæй бирæ нал баз- зад. Ардæм дæр ма, æвæццæгæн, йæ рагон уарзон Цæлыккаты Аннæйы уынынмæ æрцæуы. Аннæ уыцы рæстæджы цардис Æрыдоны, йæ хæстæг Аба- цитæм. Хуырымты Авраммæ фысымы уæвгæйæ-иу Къостайæн, æвæццæгæн, Аннæйы фенынæн фадат фæци. Фæлæ ма йын уымæй дæр цы пайда уыд? Слæмæгъ... 1906 азы, апрелы, махмæ Дзæуджыхъæуы ахæстонмæ æрбай- хъуысти Къостайы амарды хабар. Мах нымад уыдыстæм поли- тикон ахæстытыл — 1905 азы революцион змæлды активон архайджытыл. Уайтагъддæр камерæтыл ахæлиу уыцы уæззау хабар. Ацух ис не ’хсæнæй номдзыд фыссæг, адæмы сæрхъуы- зой, нæ ахуыргæнæг, нæ зынаргъ æмбал Къоста. Ахæстытæ се,, ’ппæт дæр хъыгзæрдæйæ сыстадысты. ,: — Амардис Къоста... — Атар ис ирон адæмы диссаджы стъалы. Нæ хур, — уынгаеГд хъæлæсæй хъуыстысты ныхæстæ. Политикон ахæстытæ бадомД",! 116 1
гой ахæстоны администрацийæ, цæмæй Къостайы амарды тыххæй панихидæ арæзт æрцæуа. Æмæ сын ахæм бар куы нæ лæвæрдтой, уæд ныллæууыдысты, хæринаг нал райсдзыстæм, зæгъгæ. Политикон ахæстыты фæдыл рацыдысты æнæуи ахæстытæ дæр, бунт систой, надзирателтæй кæйдæрты фæнадтой æмæ ахæстоны кæртмæ рабырстой. Домдтой, Къостайы амарды но- мыл сауджынтæй исчи куыд саргъуыдтаид, афтæ. Ахæстоны администарцийы бон не сси ахæстыты тох бауро- мын æмæ дыккаг бон сарæзтой Къостайы номыл рудсаг зæгъы- ны аргьуыд. Ахæстытæй кæрты къух бакæнæн нал уыд. Уалынмæ сауджын Солнцев барастис ахæстоны чысыл дзуармæ. Уый аргъауын райдыдта, Къостайы тыххæй Хуыцау, дзæнæтмæ йын фæндаг ратт, зæгъгæ. Мах та нæхирдыгонау æмхуызонæй дзырд- там: "Æнусмæ цæрæд йæ кад нæ номдзыд поэтæн!" Аргъуыдæй фæстæмæ цæугæйæ та азарыдыстæм революци- он зарæг "Интернационал". Уыцы сахат.махæн нæ зæрдæты уыдис стыр маст æмæ хъыг- дзинад Къостайы фæзианы фæдыл. Цæттæ уыдыстæм ноджы карздæрæй тох кæнынмæ. Фæлæ уайтагъд фæзындысты ног æфсæддонтæ ахæстоны ад- министаци æмæ пъæлицæйæн æххуыс кæныны тыххæй. Уыдон гæрзивтонгæй æрзылдысты нæ алыварс, ногæй та нæ бакодтой талынг ахæстоны уынгæг къуымтæм. "Мах ауг", 195% № 12 117
БРЫТЪИА ТЫ Созырыхъо КЪОСТАЙЫ МЫСÆН БОН ^ азы 19 мартъийы мæм басидти газет "Терекы" ре- # дакцийы хистæр кусæг Киров Сергей Мироны фырт, æмæ мын загъта: райсом у 20 мартъи, хуы- цаубон. Ирыхъæуы аргъуаны кæрты Хетæгкаты Къостайы ин- гæны уæлхъус уыдзæн стыр æмбырд, йæ амæлынæй 10 азы кæй рацыд, уый тыххæй. Æмбырды цы ныхæстæ уа, куыд ацæуа, уый тыххæй газеты хъуамæ статья фыст æрцæуа. Æз иронау нæ зонын, кæд мæхæдæг уыцы æмбырды уыдзынæн, уæддæр, æмæ-иу ныффысс. Уыцы рæстæджы æз ирон адæмы цард æмæ уавæрыл, куль- турæйы фарстатыл арæх фыстон газет "Терекы". Ныр Киров æмæ Орджоникидзейы музей цы хæдзары ис, уым уыди газеты редакци æмæ типографи. Редакцимæ бацу, зæгъгæ, уæд Киров æппынæдзухдæр фыста цыдæр, йæ дыууæ фарсы стъолыл амад уыдысты къухфыстытæ æмæ газеттæ. Арæх-иу сау-сауид сæрыхъуынтæ рахиз къухæй фæстæмæ аппæрста, фæлмæн-иу бахудт, къухфыстмæ-иу æркæстытæ кодта æмæ-иу загъта, хорз, кæнæ лæмæгъ у дæ фыст, зæгъгæ. Тынг бацин кодтон ахæм хъуыддагыл: æхсызгон мын куын- нæ уыдаид Къостайы тыххæй æмбырды хабар. 20-æм мартъийы рагацау ссыдтæн Ирыхъæуы аргъуаны кæртмае, ныр Къостайы номыл ирон литературæйы музей кæм ис, уырдæм. Уæд кæрт уыди стыр, хæццæ кодта ныры Сырх ОктябрЫ уынгмæ, йæ кæроны та уыцы иу ныллæг хæдзар — ИрыхъæуЦ райдайæн скъола. 12 сахатмæ кæрт адæмæй байдзаг. Уыдис дзы интеллигенц^ хъæууон адæм, скъоладзаутæ, студенттæ, чиновниктæ -< ирæттæ, уырыс, гуырдзы, сомих æмæ иннæ адæмтæ. г I 118 ;#
Æмбырд байгом кодта Къубалты Алыксандр, уый радзырд- та Къостайы уацмысты ахадындзинады тыххæй. Кæд йæ амæлыныл дæс азы ахицæн, уæддæр, — загъта Алык- сандр, — Къоста мард нæу, фæлæ æгас у, йæ ном æнусты цæрдзæн йæ адæмы æхсæн, йæ фæндыры æндон зæлтæ никуы банцайдзысты сæ зарынæй. Цæголты Георги бакаст йæ номдзыд æмдзæвгæ, Къостайыл кæй ныффыста, уый: В тоскливый час он вышел в путь. Давил туман... Стояла мгла... И отравляющая муть Со всех сторон нас облегла. Во тьме, зиявшей перед ним, Казалось, будто свет мерцал. И, как у цели пилигрим, Он бодро в руки посох взял. И твердой постутью он шел Туда, где этот свет горел, — Надежд земли святой символ, И наших дум... И наших дел... Еще сильней сгустилась ночь, Еще сырее стал туман... И было жить уже невмочь, И был нещаден вражий стан, И он упал... Не стало сил... Идти он больше уж не мог, И разомкнулась сень могил, И тихо замер горький вздох. А ночь по-прежнему темна, И давит нас все та же муть, И даль все так же холодна, И так же сумрачен наш путь. Хъороты Дауыт раныхас кодта Къостайы царды фæндаджы тыххæй. Тынг зæрдиагæй хъуыстой адæм сæ уарзон поэты био- графимæ. Ныхасгæнæг куы бакаст Къостайы фыст, æххормаг дæн, зæгъгæ, сæхимæ иу сом рарвитынмæ кæй фыста, уый, уæд адæмæй бирæтæ сæ цæссыг нал баурæдтой. Уый фæстæ Туаты Лазо бакаст йæхи æмдзæвгæ: "Ныккæрз дæ ингæны, Къоста!" Абайты Лади йæ раныхасы Къостайы схуыдта цæргæсы 119
лæппын: цæргæсы лæппын дунемæ фæзынди Кавказы хæхтыд^ уым сфидар, сдомбай æмæ бæрзонддæр стахти æмæ йæ мæгуыр бæстæ, йæ мæгуыр адæмыл афæлгæсыди, сæ рис сын бамбæрста/ арф æй байста йæ зæрдæмæ. Уый тох самадта уыцы бæстæйы мæгуыр хъæбулты сæрыл. Уæззау тохы йæ хъару нæ асаст, нæ фæкъаддæр йæ зæрдæйы ныфс. Фæлæ, — загъта раныхасы кæрон Абайты Лади — бастад йæ уд... байсыст йæ туг... йæ цард мынæг кæнын байдыдта. Цæргæс — даргъ зымæгон æхсæв, хус бæласы къалиуыл бадгæйæ, ахицæн йæ адæм — йæ дунейæ. Сеоты Н. Къостайыл фыст æмдзæвгæ куы бакаст, уæд Мали- ты Георги дæр бакасти йæ уырыссаг æмдзæвгæ "Памяти Коста". Тая в душе своей страданья, О брате меныием он скорбел. И стих его — души сверканье — Металлом плачущим звенел. Поэт дарддæр налхъуыт-налмасимæ барста Къостайы, ху- ыдта йæ мæгуыр адæмы фыд æмæ ахæм ныхæстæй фæцис æмдзæвгæ: Внимал ему из-под тумана Седой, таинственный Кавказ. Умолк, — но стих его певучий В сердцах людей еще звенит И миру темному сквозь тучи О солнце вечном говорит. Уый фæстæ поэты æмдзæвгæтæ бакастысты Тотраты Бесæ æмæ ахуыргæнæг Тотиты Аврам. Къостайы æмдзæвгæтæ бака- . стысты ирон чызджытæ дæр. Ирыхъæуы скъолайы ахуыргæ- нинæгтæ — лæппутæ æмæ чызджытæ — бакастысты "А-лол- ай", "Æнæ хай" æмæ æнд. Уый фæстæ та азарыдысты "Фæнда- раст" æмæ "Æнæ фыййау". Æппынфæстаг, фотограф Дзанайты С. систа цалдæр къамы. Æмбырды кæронмæ æввахс мæм Киров радта æртæ телы, æмбырды кæй бакастысты, ахæмтæ. Уыцы бон æмæ къуырисæры фæфыстон отчет, изæры йæ редакцимæ ныххастон, æмæ мыхуыры рацыди газеты 5. 449-æм номыры 1916 азы 23 мартъийы. Афтæ мысыдысты ирон адæм сæ ахсджиаг хъæбул Къос- ’ тайы 1916 азы дæр. "Махдуг", 1959, № Щ 120 ’А
АХÆМÆЙ ЙÆ ЗЫДТОН ’ остаимæ æппæты фыццаг базонгæ дæн 1883 азы Дзæуджыхъæуы. Ныртæккæ Терчы фарсмæ цы • парк ис, уым. Уыди сæрдыгон бон, Къоста йæ зонгæтимæ рацу-бацу кодта бæлæсты бын. Кадийы-фырт мæ базонгæ кодта. Хъуыды ма йæ кæнын, ацыдыстæм Теркмæ æртæйæ æмæ нæхи ныннадтам. Къо- стайæн фæдис кодтон йæ цæрдæгдзинадыл, — доны ленк тынг дæсны кодта. Цæрдæг æмæ тыхджын кæй уыди Къоста йæ лæппуйы азты, уый фæдыл ма мæ зæрдæйы баззад иу ныв. Дзæуджыхъæуы горæты кæрон уыдис дугътæ. Æз, Къоста æмæ ма иу къордæй мах дæр уырдæм фæцæйцыдыстæм. Иу æвзонг лæппу нæ йæ бæхыл раййæфта. Къоста йæ хъæлдзæгæй бафарста: — Кæдæм цæуыс ды та, лæппу, дæ ницæййаг бæхыл? Лæппумæ хъыггомау фæкастысты Къостайы ныхæстæ: — Дугъмæ... тынг уайаг у... хорз къæхты ахаст ын ис. Къостайы цæстытæ ферттывтой, йе уæнгтæ цæрдæг змæлд скодтой: — Аскъæр дæ бæх. Лæппу бæхы фесхуыста. Цыбыр рæстæгмæ Къоста баййæф- та барæджы æмæ уайгæ-уайын йæ фæсарц абадт. Иу рæстæджы царди Дзускуаты хæдзары (ныртæккæ Байа- ты Чермены номыл уынг). Хæдзар уыди тæккæ Терчы был. Арæх æм-иу цыдтæн. Фылдæр хæттыты-иу æй баййæфтон æмдзæвгæтæ фысгæйæ, кæнæ та нывыл кусгæйæ. Куы йæм-иу бацыдтæн, уæд- иу йæ кусын фæуагъта æмæ-иу мемæ ныхæстæ кæнын райдыд- та литературон æмæ политикон темæтыл. Тынг мæгуыр цард кодта. Иæ уаты уыди æрмæстдæр иу зæронд диван, бандон æмæ иу ахæм стъол. Зæххыты-иу лæууыдысты йæ гæххæттыты 121
гæбæзтæ, къултыл—кæттагыл конд нывтæ. Къостайы уæлæ-иу нывгæнгæйæ уыди алыхуызон ахорæнтæй ахуырст тар æрвхуыз хæдон. Уыцы рæстæджы Къостайы зæрдæмæ тынг цыдй Дзус- куаты Косер — фатеры кæмæ царди, уыдоны хистæр чызг, цыдаид ыл уыцы рæстæджы 16-17 азы. Фæлæ Къоста æмбæрста, тынг хæстæг кæй нæ бауыдзысты, уый. Уыцы хъуыддаджы цæлхдурæн уыдис, Къоста тынг мæгуыр цард кæй кодта, уый. Уый йæхæдæг дæр æмбæрста, æмбæрста йæ Косер дæр. Уыцы рæстæджы ныффыста йе ’мдзæвгæ "Чи дæ?" Хъазгæйæ-иу йæ фыд Леуан, Къоста æхцайы фæдыл кæй нæ цæуы, уый тыххæй дзырдта: "Ай мæ фырт цæмæн бæззы, уымæн ницы зонын, маляр у æмæ маляр". Мæнмæ мæхимæ афтæ касти æмæ кæсы: Къоста тынг стыр æхцаты хицау куы уыдаид, уæддæр, уæд куыд царди, уымæй бирæ хъæздыгдæр нæ цардаид. Уый тыххæй, æмæ æрмæст æмдзæвгæтæ нæ, фæлæ Къоста уыди йæ царды лыстæг хъуыддæгты дæр адæммæ хæстæг. Стыр æхцаты хицау уæвгæйæ, байуæрстаид мæгуыртæн йе ’хца. Йæхи тыххæй къаддæр хъуы- ды кодта. Арæх æм-иу æрбацыдысты хъæутæй курдиаттæ æмæ æндæр ахæм гæххæттытæ фыссынмæ, бирæ-иу семæ ныхас код- та. Уыцы рæстæджы революцион хъуыдытырдæм здæхт интел- лигенци-иу арæх цыди Къостамæ. Æрæмбырд-иу стæм йæ фа- теры, цай-иу бацымдтам æмæ-иу уый фæстæ радæй кастыстæм номдзыд уырыссаг фысджыты фыстытæ: Помяловский, Некра- сов, Пушкин, Толстой, Тургенев, Чернышевский, Добролюбо- вы... Куыддæр-иу æрæмбырд стæм, афтæ-иу нæ фыццаг фарста уыди: "Ногæй цы ныффыстай?" Тынг æнувыдæй-иу хъуыстам йæ ног æмдзæвгæтæм, æнæ фысгæйæ-иу нæ зæрдæмæ арф ных- хызтысты, нал сæ-иу рох кодтам. Каст-иу куы фæци, уæд-иу, махмæ гæсгæ æмдзæвгæты лæмæгъдзинæдтæ æмæ хорз бынæт- ты тыххæй дзырдтам. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Къоста, мах-иу йæ æмдзæвгæты тыххæй цы дзырдтам, уымæ хъуыста тынг лæмбынæг, уыди тынг хуымæтæг, зæрдæхæлар адæймаг, æмбæлттæй йæхи фæуæлдæр кæна, йе та æндæр ахæм хъуыд- дæгтæй йæм æппындæр ницы уыди. Йæ æмдзæвгæтæ-иу касти бæлвырд рæстæмбис хъæлæсæй, хаттæй-хатт-иу махмæ дæр радта йæхи æмдзæвгæтæ кæсынмæ. Уымæ гæсгæ махæй дæр бирæтæ æвзæрстой сæ тыхтæ æмдзæвгæтæ фыссыныл. Цыфæн- ды( лæмæгъ фысты тыххæй дæр райдайæг фыссæджы зæрдзе никуы асаста. Авæрдта йын-иу зæрдæтæ. Афтæ, Гæдиаты Сек’Ь- айы æмдзæвгæтæ, ай-гъай, лæмæгъдæр уыдысты КъостайЫ фыстытæй, фæлæ уæддæр Къоста Секъайы фыссынмæ кодта разæнгард. Секъа фæзмыдта Къостайы. , V 122 ^
Федтон Къостайы мæстыйæ дæр. Уый уыди 1895 азы размæ. Хоранты Созырыхъо уæд инæлар уыдис. Æрыдоны хъæуы бафхæрдта Къостайы цур ахуыргæнæг Кæсæбийы-фырты. Кæсæбийы-фырт ыл судмæ балæвæрдта. Тæрхонгæнгæйæ Хо- раны-фырт йæхи куы рæстытæ кодта, уæд мæнг ныхæстæ код- та, скодта Къостайы кой дæр (цæй фæдыл, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын). Залы адæмы астæуæй æваст сыстад Къоста, афæлурс и, мæсты хъæлæсæй сдзырдта: "Я протестую!" Адæм иууылдæр сæ цæсгæмттæ раздæхтой Къостайырдæм. Суды сæрдар цагъта йæ дзæнгæрæг. Хъуыды ма кæнын Къостайы ныхасы скъуыддзæгтæ: "...я требую правду!" Уый фæстæ цæхгæр фæзылди, йæ сæр бæрзонд систа æмæ залæй рацыди. Федтон Къостайы кæугæйæ дæр. Уыцы рæстæджы ам горæ- ты куыста Кипиани. Кæрæдзиимæ тынг хорз цардысты. Бирæ хæттыты-иу уыдыстæм æмбырдæй Кипианийы фатеры дæр. Къостаимæ сæ иу кодтой сæ революцион хъуыдытæ. Кипвдни куы амарди, уæд чырын ингæнмæ ныууадзыны агъоммæ Къос- та бакасти тынг зæрдæбынæй, æнкъард хъæлæсæй, Кипианийы амæлæтыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уый. Тыххæй ма йæ къухы бафтыд æмдзæвгæ йæ кæронмæ бакæсын, цæстысыгтæ рустыл дæлæмæ æрызгъордтой, хъæлæс фæмынæгдæр ис, йæхи æру- агъта чырыныл æмæ иу къордæй нæ къухы тыххæй бафтыд Къостайы Кипианийы чырынæй раскъуынын. Уыцы зæрдæйы рыст тагъд йæ цæсгомæй не ссыди. Иу къорд ныхасы мæ фæнды зæгъын йе ’мдзæвгæты тыххæй дæр. Йæ диссаджы æмдзæвгæ "Додой" ныффыста уый разм- æйы хъуыддаджы фæдыл. 1888 азы Терчы облæсты Кахановы размæ куыста Смекалов, тынг гуымиры адæймаг. Баздæхт æмæ ацыд Ольгинскæйы хъæумæ, хъæуы стырдæр хайы уистæй æмæ ехсытæй фæнадта, цæмæй давд мауал уа, уый æфсонæй. Ахæм митæ ма бакодта мæхъхъæлы дæр. Нæмынæй уæлдай-иу уырдæм æрбатардта сылгоймæгты, цæмæй кастаиккой, сæ хъæуккаджы дзаумæттæ сын куыд ласынц æмæ йæ ехсæй куыд нæмынц, уымæ. Ахæм нады фæстæ йæ фæсдзæуинты руаджы Смекаловæн йе стыр хъуыддæгты тыххæй Ольгинскæйы арæзт æрцыд... обау, удæгас ма уыди, афтæмæй. Къоста йе ’мдзæвгæ "Додой"-ы ахæм рæнхъытæ кæм и "Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц", зæгъгæ, уым мах уыцы рæстæджы уыдтам Смекаловы æмæ иннæ уый хуызæтты миты ныхмæ комкоммæ протест. Къостамæ ис тæлмацгонд æмдзæвгæ уырыссаг æвзагæй "Уасæг". Тынг бирæ уарзта сывæллæтты. Санаты Ибырыхинмæ цæргæйæ лымæн уыди йæ сывæллæттимæ. Уæлдайдæр Биби- 123
имæ. Арæх-иу йемæ рацу-бацу кодта, рæвдыдта йæ, ныхæстае? йын-иу кодта. Бибийæн раивта уырыссаг æвзагæй "Петушок"/ Йæ кæрон ын скодта афтæ: "Нæ буц Бибийы хуыссын нæ уа~' дзыс". Къостайы зæрдæмæ тагъд æмæ арф хъардтой адæмы маст æмæ адæмы хъыг. Хъуыды ма йæ кæнын, Алыккаты Бабойæн амард йæ чызг, цыдаид ыл 10-12 азы. Къоста йын йæ мæлæт нæ фехъуыста, фæлæ адæм сывæллоны мард куы фæцæйхастой, уæд сыл амбæлди. Куы базыдта, чи амарди, уый, уæд марды фæдыл ацыди уæлмæрдтæм. Ингæны уæлхъус ныффыста æмдзæвгæ, йæ цæстысыг згъалгæйæ йæ бакасти. Уыцы æмдзæвгæйыл уый фæстæ мыхуыры мæ цæст никуы æрхæцыди. Федтон ма Къостайы ахуыргæнджыты съезды дæр, цæуыл- ты дзырдта, уыдон хорз нал хъуыды кæнын, мæ зæрдыл ма лæууы æрмæст, сылгоймæгты гимназийы тыххæй стыр тохтæ кæй кодта, уый. Къостайæн тынг бирæ хæлæрттæ уыди уырыс æмæ иннæ на- циты интеллигенцитæй. Кипианийы фæстæ тынг лымæнæй цар- ди уырыссаг публицист Тульчинскиимæ. Уыцы рæстæджы уый куыста ам. Арæх фыста Петербуджы газеттæм, Терчы æмæ Кубаны облæстты хæххон адæмæн фаг зæхх кæй нæй, уый тыххæй. Тынг зæрдиагæй архайдта, цæмæй паддзахад æнæ мыздæй ныууадза зæхх адæмæн. 1888-90 азты, кæцы аз уыди, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, ныртæккæ "Динамо"-йы парк кæм ис, уыцы ран байгом ис ныв- ты равдыст. Къорд нывы дзы уыди Къостайæн дæр. Йæ нывты цурæй адæмы дзыгуыр нæ хицæн кодта. Фæндæтты чиныджы адæм хорзырдæм фыстой йæ куыстыл. Дзæуджыхъæуы газет- ты фыст æрцыди къорд рецензийы. Ныртæккæ Къостайы му- зейы мæ цæст нæ хæцы йæ иу куыстыл. Юрист Цæголты Алык- сандры фыд, Хосдзауы, Къоста скодта стыр кæттагыл æрдæгæй уæлæмæ. Къостайы афтæ хæстæг зонгæйæ, æз никуы раиртæстон уымæ аипдзинæдтæ. Хъæлдзæг, зондджын, фæллойгæнæг адæмы сæрылхæцæг — Къоста уыди æцæг адæмон стыр курдиатджын фыссæг, йæ цард иууылдæр адæмы сæрыл чи радта тохы. Гæздæнты Данелы раныхасмæ гæсгæ йæ ныффыс- та Едзиты Цини, "Мах дуг", 1939, №11 124
ГУЛУТЫАндрей АРСЕНЫ ТЫХХÆЙ оцойты Арсенимæ æз базонгæ дæн 1922-1923 æзты. Уыцы рæстæджы цардтæн Дзæуджыхъæуы æмæ куыстон Цæгат Ирыстоны ахуырады хайады, фыц- цаг — литературон секцийы, стæй литературон коллегийы. Хъуыды ма кæнын Коцойты Арсены: сауцæстджын, ныллæг- гомау бæзæрхыг лæг, дардта уæд цыбыр сау зачъетæ, йæ уæлæ — ^ пъалто, йæ сæрыл — ирон уæлдзарм худ, йæ къухы къæлæтджын лæдзæг. Арæх-иу æрбацыди ахуырады хайадмæ æмæ- иу фылдæр хæттыты, рацу-бацу кæнгæйæ, ныхас кодта хайады кусджытимæ, ныхас кодта мемæ дæр литературон хъуыддæ- гты тыххæй, фарста-иу мæ, куыд цæуы литературон секцийы куыст, уымæй; арæх дзырдта, ирон æвзагыл чингуытæ рауад- зын кæй хъæуы æмæ æндæр ахæм хъуыддæгты фæдыл. Тагъд рæстæгмæ Арсен йæхæдæг дæр ссис литературон коллегийы уæнг æмæ байдыдта кусын ахуырады хайады. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд æз революцийы агъоммæ, ме ’взонджы бонты, астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, бакастæн Арсены редакцингондæй, журнал "Æфсир"-ы иуæй-иу номыртæ, кæд уыцы журналы бакастæн Арсенæн йæ радзырд "Рæдыд" æмæ йын федтон йæ конд карикатурæтæ Байаты Гаппойыл æмæ æндæртыл, уæддæр, 1922-æм азмæ, йæ фыстытæ хорз нал лæу- уыдысты мæ зæрдыл. Нæ хъуыды кæнын, Арсен, литературон коллегийы уæнг уæвгæйæ, искуы бакаст йæ уацмыстæ коллегийы æрбадты, уый. Арсен фылдæр хъусгæ кодта, иннæ фысджытæ сæ уацмыстæ куыд кастысты, уымæ. Иннæты уацмысты тыххæй-иу радзырд- та йæ хъуыдытæ. Иухатт Арсен æмæ æз уыдыстæм ахуырады хайады. Арсен загъта мæнæн: 125
кæй хъæуы, æмæ æнæ уый адæймагæн фыссын кæй не ’мбæлы/ уый". 1923 азы Арсен ацыди кусынмæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ дзæвгар рæстæг нал федтон. Хуссар Ирыстоны рацыдис йæ радзырдты æмбырдгонд. — "Радзырдтæ", зæгъгæ, æмæ йын уæд бæстондæр базонгæ дæн йе ’сфæлдыстадимæ. 1929 азы Арсен раздæхт Цæгат Ирыстонмæ æмæ куыста Цæгат Ирыстоны, йæ уацмыстæ мыхуыр кодта газет "Рæстдзи- над"-ы, журналтæ "Мах дуг", æмæ "Фидиуæджы". Уæдæй фæстæмæ-иу ара^х æмбæлдыстæм Арсенимæ æмæ ны- хас кодтам алцæй тыххæй дæр. Арсены тынг фæндыдис, цæмæй ирон советон литературæ стыхджын уыдаид, цæмæй нæм фæзындаид Хетæгкаты Къос- тайы хуызæн стыр фысджытæ, стыр аив~ уацмыстæ. Æмæ йæ уырнгæ дæр тынг кодта, уыцы хъуыддаг афтæ кæй уыдзæн, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Арсен дардта немы- цаг фашистон лæбурджытæм стыр æнæуынон цæстæнгас. Уый бæрæг у йæ уацмыс "Чудище"-йæ. Арсены уырныдта, немыцаг4 фашисттæ саст кæй æрцæудзысты æмæ нæ Советон Цæдис сæри- барæй кæй араздзæн йæ дарддæры цард. Зæгъинаг дæн Арсены царды фæстаг бонты тыххæй. 1943- æм азы райдианы уый раздæхт эвакуацийæ Дзæуджыхъæумæ, раздæхты Хуссар Ирыстонæй. Уыд фæлмæст, фæлладхуыз рын- чын. Фесæфтис йæ фыццаджы хъæлдзæгдзинад. Хъуыды ма йæ кæнын, загъта мын: "Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй æз уалдзæгмæ нал фæцæрдзынæн". Æз æй бафарстон, цæмæй рынчын у,уымæй. Арсен загъта, æхсæв куы схуыссын, уæд æнуд фæкæнын, зæгъгæ. Иукъорд боны фæстæ та мыл амбæлд æмæ мын загъта, цæмæй йемæ ацæуон Собесмæ (Цæголы-фырты уынгмæ). Уырдæм куы цыдыстæм, уæд мын бæстон радзырдта, Калакмæ æнамонды фæндагыл куыд ацыд, стæй Бакуйы цы тухитæ фæкодта рын- чынæй, уыдæтты тыххæй. Уыйфæстæ Арсен тынг фæрынчын æмæ хуыссыд Дзæуджыхъæуы рынчындоны. Арсен амарди 1944 азы 4-æм февралы. 5-æм февралы йæ мæрдон чырын æвæрд уыд Пионерты Галуаны. Иæ уæлхъус лæууыдис кадджын хъарагъул Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисæй. Мардмæ æрæмбырд бирæ адæм, бавæрдтой йæ, Хет- æгкаты Къоста кæм ныгæд и, уым — раздæры ирон литератур- æйы Музейы кæрты. Мæрддзыгойы адæм зæрдæхъыгæй загъ- той фэестаг фæндараст Коцойты Арсенæн, номдзыд ирон фыссæгæн, ирон аив прозæйы бындурæвæрæгæн. "Мах дуг", 1947, № 2 - 128
ПУБЛИЦИСТИКÆ ТОТОЙТЫМихал ГАТЕТЫ БАРИС-ЭТНОГРАФ Тр5! атеты Тотры фырт Барис (Мануил) у, иттæг хорз | этнографон очерк "Суеверия и предрассудки осе- А« тин", зæгъгæ, чи ныффыста, уый. Уыцы очерк у тынг зынаргъ уацмыс, XIX-æм æнусы 70 азты ирон адæмы æхсæн дин æмæ æгъдæуттæ куыд уыдысты, уый тыххæй. Барис райгуырди 1841^азы, Уæлладжыры комы, Ходы хъæуы, хæххон бинонты ’хсæн. Йæ фыды ныййарджытæ уыдысты "кад- джын хистæртæ», фæлæ, сæ мулкмæ гæсгæ, хохы иннæ цæрджытæй хъæздыгдæр нæ уыдысты. Гатеты Барисы цард æмæ куыст нын æвдисæн сты, паддзахы рæстæг ирон адæмы раззагдæр интеллигенци цавæр зын уавæр- ты куыстой, уымæн. 1865 азы Барис каст фæцис Калачы дины семинар. Фæлæ æнæхъæн афæдз куысты ныллæууын йæ бон нæ уыди, уæгъд бынат дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Барис, Калачы семина- ры ахуыргæнгæйæ, ахуырмæ рæвдз кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ уыцы æхсæнады правлени арвыста Хъазаны дины академимæ. Уый фæлварæнтæ радта рæстæмбис нысæнттимæ. Хъазаны дины академи Барис каст куы фæцис 1870 азы, уæд ссыд Калакмæ. Уым иуцасдæр рæстæг æнхъæлмæ фæкастис бынатмæ, стæй уый фæстæ æрцыди Дзæуджыхъæумæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта йæ хъизæмайраг цард. Барисы ахуыр кодтой, цæмæй дзы рацыдаид миссионер, уый та фæндыдис æрмæстдæр Ирыстонмæ кусынмæ ацæуын, фæлæ ам уæгъд бынат нæ разындис. Цалынмæ кæрæдзимæ рафысс- бафысс кодтой, уæдмæ рæстæг дæр цыдис, Барисмæ та цæмæй цардаид, уый нæ уыдис. Уый загъта дины хицауадæн, йæ рай- гуырæн бæстæйы йæ кусын кæй фæнды Ирыстоны хъæууон 9 Мах дуг № 5, 1999 129
скъолаты ахуыргæнæгæй. Уый тыххæй Гатейы-фырт курдиæттæ фыссын райдыдта 1871 азы, уалдзæджы, фæлæ хъуыддаг тынг ныддæргъвæтин ис. Терчы зылды хицау Гуырдзыстоны аргъу- анты хицаумæ фыста, зæгъгæ, Гатейы-фырт мæгуыр у, æмæ йæхи цæмæй дара, уый йæм нæй, дины кусæджы бынат ын нæма ис æмæ уал ын йæ райгуырæн бæсты, Садоны ирон скъолайы рæстæгмæ ахуыргæнæджы бынат раттын хъæуы, зæгъгæ. 9 мæйы фæстæ, 1872 азы январы, Гатейы-фырт райста дзу- апп, уыцы куыст дæр ын лæвæрд кæй нæ цæуы, бынат дзы кæй нæй, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ Терчы хицауад ногæй арвыста "Кавказы чырыстон дин ногæй аразæг æхсæнады" правленимæ, цæмæй уый Гатейы-фыртæн граждайнаг службæмæ бацæуыны бар радта, кæннод тынг уæззау царды уавæры ис, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы Гатейы-фырт йæхæдæг дæр курдиат балæ- вæрдта (1872 азы, майы мæйы), цæмæй йæ "Кавказы фæстæмæ чырыстон дин аразæг æхсæнадæй" суæгъд кодтаиккой æмæ йын облæсты правленийы бынат радтаиккой. Облæсты правлени ууыл разы уыдис, уымæн æмæ уый загъта, зæгъгæ. "Гатейы- фырт куыд ахуыргонд адæймаг, — йæ адæмы цард иттæг хорз зоны, уыцы бынаты йæ бон бауыдзæн æхсæнадæн исты хуызы æххуысдзинад дæттын". "Æхсæнады" правлени загъта, зæгъгæ, уыцы фарста йæхæдæг цæмæй алыг кæна, уый бæрц бар лæвæрд æм нæй æмæ, уымæ гæсгæ, Терчы облæсты правлени курдиат арвыста Хъазаны дины академийы Советмæ Гатеты Барисы дины ахуырады хайадæй ацух кæныны тыххæй (сентябрь, 1877 аз). Фæлæ ам фæзынды- сты ног цæлхдуртæ. Совет загъта, зæгъгæ, Гатейы-фырт, закъ- онмæ гæсгæ, хъуамæ 4 азы бакуса дины-ахуырадон хайады. Совет бамбарын кодта, зæгъгæ, дам, уый академимæ ист æрцы- дис "къазнайы хардзæй чи ахуыр кодта, уыдонимæ", уымæй уæлдай ма фыстой дарддæр, — "Гатейы-фырт, академимæ цæугæйæ, йæхимæ райста хæс; уым фыст уыди афтæ: "Æз, дæлдæр мæ къух æрфыссæг, Калачы дины семинар каст чи фæцис, уый, ахуыргæнинаг Гатеты Барис... академион курс куы фæуон, уæд дины хайадæн службæ кæндзынæн æппын къаддæр 4 азы, дины хицауад мын кæм зæгъа, уым". Совет загъта, зæгъгæ, уымæн ацух кæнæн нæй. Ацух кæнаен ын æрмæстдæр уæд уыдис, æмæ йыл хардзгонд цы æрцыдис, уый куы бафыстаид. Хардзгонд та йыл академийы æрцыдис 400 сомы. (100 сомы алы аз дæр), æмæ Хъазанæй Калакмяе ласæггаг — 116 сомы, æдæппæтæй 516 сомы. Цæмæй Гатейьг фырт уæгъдгонд æрцыдаид, уый тыххæй уый уыцы æхца хьТ амæ бахастаид Синоды "Экономимæ". 130
Облæсты хицау йæ писмойы оберпрокурормæ фыста, зæгъгæ, студент Гатейы-фырт у "адæмы æхсæнæй рацæугæ" æмæ цæмæй фæцæра, уый йæм æппындæр ницы ис æмæ йæ бон нæу, цы æхцайыл ныхас цæуы, уыдон бафидын. Уымæ гæсгæ уый куырд- та Синоды обер-прокурорæй, Гатейы-фырт уыцы фиддонæй куыд суæгъд уыдаид. Обер-прокурор радта ахæм дзуапп: "Кæнæ Гатейы-фырт дины ахуырады хайады службæ кæнынмæ бац- æуæд, кæнæ та æххæстæй иу лæвæрдæн бафидæд уыцы æхца". Цыдысты азтæ, фæлæ йæ хъуыддаг лыггонд ницы хуызы цы- дис. Гатейы-фырт æййæфта мæгуыр цард. Йæ æнæниздзинад февзæрдæр ис. Æппын фæстаг, 1874 азы 14-æм январы, уымæн йæхи æмæ Терчы правленийы бирæ курдиæтты фæстæ, уый уæгъдгонд æрцыдис, Синоды указмæ гæсгæ, дины ахуырады хайады æнæмæнг службæ кæнынæй, фæлæ æхца бафидынæй не суæгъди. Указы мидæг фыст уыдис, зæгъгæ, йыл цы æхцатæ хардзгонд æрцыдысты, уыдон райсыны хъуыддаг уал рæстæгмæ урæд æрцæуæд, — цалынмæ йæ æнæниздзинад фæхуыздæр уа, уæдмæ. Синоды уыцы указы хæд фæстæ, 1876 азы 10-æм мартъийы, Гатейы-фырт нысангонд æрцыдис Терчы облæсты правленийы хъæды хайады хъуыддæгтæ æххæстгæнæгæй. Фæлæ та йæ уæлвæд бухгалтермæ бацыдис æндæр фæдзæхст дæр: алы мæй дæр йæ мызды æртыццаг хай урæд куыд цæуа йæ хæс бафиды- ны тыххæй. Гатейы-фырт бирæ рæстæг æгуыст кæй фæци æмæ йæ цар- ды уавæртæ уæззау кæй уыдысты, уый тыххæй бауынаффæ кодта, цæмæй йæ æхца бафидынæй суæгъд кæной. Уыцы хъуыд- даг йæ къухы бафтыдис æрмæстдæр 1878 азы. Цы куыста Гатейы-фырт, Дзæуджыхъæумæ куы ссыд æмæ йын цалынмæ официалон æгъдауæй граждайнаг службæмæ бацæуыны бар радтой, уыцы рæстæджы? Службæйы бынат раттын, кæнæ та йæ дины хайадæй ацух кæныны тыххæй, уый 1871-1872 азты дæргъы йæ хъуыддагмæ æнхъæлмæ каст. Æхсæнады Совет ницы фыста, афтæмæй, йæ ныййарджытæ мæгуыр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ уый, кæрдзыны къæбæр амал кæныны тыххæй, йæхæдæг бархийæ райдыдта миссио- неры куыст кæнын. Гатейы-фырт иу афæдз æмæ æрдæг куы иунæгæй, куы та иннæ сауджынтимæ цыдис иу ирон хъæуæй иннæмæ æмæ куыста ирон адæмы æхсæн хи æвзагыл чырыс- тон дин хæлиу кæныныл, фæлæ ма уымæй уæлдай се ’хсæн рухс тыдта. Уыцы рæстæг уымæн зынгæ февзæрдæр ис йæ æнæниздзинад. Уый иттæг зæрдиагæй архайдта ирон хъæуты 131
мидæг этнографон æрмæг æмбырд кæныныл. Уыцы æрмæгмæ гæсгæ, ирон адæммæ, диныл æууæндгæйæ, цы рæдыд хъуыдытæ уыдис, уыдон бæлвырдæй ныффыста. Дины архайджытæ йын йæ уæззау уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кастысты æмæ йæм уазал зæрдæ кæй дардтой, уый тыххæй Гатейы-фырт бахауд тынг зын уавæрты. Гуырдзыйы аргъуаны хицаумæ облæсты хицау цы гæххæтт арвыста, уым афтæ фыст уыди: "Йæхицæн исты хуызы службæ равзарыны бар ын кæй нæй, уымæ гæсгæ, уымæн афтæ цыбыр сты йæ царды фадæттæ, æмæ æгæр стæмæй бон цы бахæра, уый самал кæныны фæрæзтæ йæ къухы нæй". Йæ администрацийы кусджыты æхсæн бынæттон кадртæ кæй нæ уыдис, уый тыххæй Терчы бæстæйы хицауад сфæнд кодта Гатейы-фырты рæстæгмæ куыстмæ райсын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мызд иста хæрз гыццыл. 1872 азы 11-æм майæ фæстæмæ уый кусын райдыдта губернийы секретарæй, хъæды хайады хъуыд- дæгтæ æххæстгæнæгæй.Уыцы бынаты 1876 азы онг уый нымад уыдис рæстæгмæ. Æрмæст уыцы азы мартъийы мæйæ фæстæмæ уый дины хайадæй уæгъд куы ’рцыди, уæд æй раивтой æцæг службæмæ. 1879 азы июлы Барис балæвæрдта курдиат, цæмæй йын бы- нат радтаиккой зылды тæрхондоны. Уыцы курдиаты ныхмæ ницы загъта нæдæр Терчы правлени, нæдæр Дзæуджыхъæуы зылды тæрхондон. Йæ курдиат æххæстгонд æрцыдис. Уымæ гæсгæ, уый 1879 азы 11-æм июлæй фæстæмæ цухгонд æрцыдис Терчы облæсты правленийы номхыгъдæй. Фæлæ зылды тæрхон- доны бирæ нæ бакуыста, уымæн æмæ уыцы аз уайтагъд амар- дис. Гатейы-фырт у дыууæ куысты автор. Фыццаг — "О заслу- гах для Отечества Троицко-Сергиевской лавры в Смутное вре- мя". Уыцы куыст нырма æххæст бæстонæй нæ рабæрæг ис, æмæ цæйбæрц зынаргъ у, уый тыххæй дзурын нæ бон нæу. Дыккаг та: "Суеверия и предрассудки#осетин" æххæстæй ис махмæ æмæ, уымæ гæсгæ, махæн нæ бон у ирон адæмы иттæг хорз этног- раф Гатейы-фыртыл ныхас кæнын. Ирон адæмы цард æмæ дины поэзи уый æвдисы иттæг раст. Ирон адæм æппæт дины бæрæгбæтты дæр цы æгъдæуттæ код- той, уыдон Гатейы-фыртæн йæ бон баци лæмбынæгæй равди- сын, Уыимæ ма уый ноджыдæр иттæг бæлвырдæй равдыста, ■ паддзахы уæззау социалон экономикон æмæ колониалоя; æфхæрддзинады бын ирон адæм куыд æлхъывд, талынг æмае æнахуыргонд уыдысты, уый. 132
Ирон хъæуты фæллойгæнæг дзыллæтæм уæд дохтырæн йæ кой дæр нæ уыд. Цы хъуамæ кодтаиккой хæхты цæрæг ирон адæм, бинонтæй иу исчи уæззау рынчын куы фæцис, уæд? Горæт сæм дард уыди, стæй дохтырæн уыйбæрц æхца та кæцæй бафыстаиккой. Уымæ гæсгæ, цыдысты алыхуызон дæснытæм. "Бинонтæй исчи фæрынчын, — афтæ райдайы йæ очерк Га- тейы-фырт, уæд мæгуыр бинонтæ нæ зонынц, æххуыс кæмæй бацагурой. Фæлæ мæнæ хъæугæрон цæры ацæргæ зæронд лæг, уый кадджын у, цы æрцæудзæн, уый радзурынмæ дæсны кæй у, уымæй". Сывæллон æм згъоры æмæ йæ æрбакæны рьшчынмæ. Дæсны хæдзармæ фæцæйцæугæ зæгъы: "Фарн уæ хæдзары, уæ рынчын Хуыцауы уазæг уæд!" — "Хуыцау баххуыс кæнæд дæуæн дæр æмæ дæ бахизæд фыдæбæттæй", — дзуапп раттынц уымæн дæр. Хæдзары хицæуттæ йæм кæсынц, цыма æцæг сæ ирвæзынгæнæг у, афтæ: "Бафæрс нын, — курынц уыдон, — кæцы дзуарæн ныл цавæр тæригъæддзинады тыххæй фæхудтис йæ зæрдæ æмæ цы домы махæй". Уый фæстæ автор æвдисы дæсныйы хин митæ æмæ кæлæнтæ, стæй уыдон æппæт дæр рынчынæн пайда кæй ницы хæссынц, æмæ рынчын дæр фæстагмæ кæй амæлы, уый. Дарддæр æвдыст цæуынц мард ныгæныны æгъдæуттæ, ирон адæм "мæрдты бæсты" цардыл куыд хъуыды кæнынц, уый æмæ чи амæлы, уымæн афæдзы дæргъы куыд хистытæ кæнынц, уыдæттæ. Гатейы-фырт, уыцы дины æгъæуттæ лыстæг хъуыддæгты онг æвдисгæйæ, хицæн æгъдæутты фæдыл дзуры, йæхæдæг сæм цы цæстæнгас дары, уый. Уый карзæй дзуры сæ ныхмæ, уыцы æгъдæуттæй иутæ бынтон фæстæзад кæй сты, иннæтæ та адæмæн сæ астæуыстæг кæй сæттынц. Марды фæдыл æгъдæуттæ мæг- уыргæнæг кæй сты, уыдон æвдисы, канд уый нæ, фæлæ сылгой- магæн йæ мой куы амæлы, уæд æй цавæр уæззау ран æвæрынц, уый дæр. Тынг тæригъæд кæны хæххон ирон сылгоймагæн, æгъдæутты фæрцы цагъайраджы бынаты кæй ис, уый тыххæй. Зæгъы, зæгъгæ, Уæрæсемæ гæсгæ, Ирыстон ног цивилизацийы фæндагыл кæм æрлæууыдис, уым уыцы æгъдæуттæн дæр аивæн кæй ис, сылгоймаджы уавæр куыд фенцондæр уа, афтæ. Уæл- дай тынгдæр фæлмæцын кæны дины æгъдау мæгуыр сидзæргæ- сы, — сылгоймагæн йæ мой куы амæлы, уæд æй цы æгъдæуттæ кæнын хъæуы, уыдон. . Гатеты Барис комкоммæ зæгъы, ирон адæм уыцы бирæ хис- 133
тытæ тынгдæр дины æгъдæуттæм гæсгæ кæй аразынц, æмæ цæуы хистыты ныхмæ. Хæххон адæймаг, йæ бинонтæй исчт куы амæлы, уæд цы моралон уавæры вæййы, ууыл дзургæйæ, Барис фыссы, зæгъгæ, афæдзы дæргъы уый æдзухæй дæр хъуыды кæны, кæд йæ мардæн мæрдты, мыййаг, бахæринаг ницы ис, зæгъгæ. Афæдзы дæргъы мæгуыр мæрдджын йеппæт мулк дæр схардз кæны хистытыл. Хистытæм уый æрбахоны канд йæхи хъæуккæгты нæ, фæлæ сыхаг хъæуты цæрджыты дæр, афтæ куы нæ бакæнон, уæд мæ мыггаджы дæр ма фæхудинаг кæндзынæн, зæгъгæ. Алы сывæ- ллонæн дæр ын йæ бон у уайдзæф бакæнын, зæгъгæ, йæ мæрдтæ кæрдæг хæрынц: хойраг, сау бæгæны æмæ сын цъæх арахъхъ кæй нæй, уый тыххæй. Барис æмбарын кæны историон æгъда- уæй, хистытæ куыд фæзындысты, уый, æмæ æргом кæны йæ цæстæнгас, хистытæ хæххон адæймаджы хæдзарæн куыд зиан сты, уый тыххæй. Уый фыссы, зæгъгæ, "хистытæ кæныны хъуыддаг райдыд- та, чырыстон аргъуан арæзт куы æрцыдис, уæдæй фæстæмæ æмæ дины æгъдаумæ гæсгæ. Чырыстæттæй-иу чи амарди, уыдон тыххæй-иу, Хуыцаумæ табу кæнгæйæ, алы хатт дæр уыдон сæ хъæздыгдзинады фæрцы æрбахуыдтой мæгуырты фæхынцынмæ. Мæгуырты хынцгæйæ-иу? мæрдджынтæ куырд- той, цæмæй уыдон куывтаиккой, чи амардис, уыдоны уды- бæстæйы тыххæй. Мæгуыр сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ-иу уыцы хистыты сæхи бафсæстой, стæй ма-иу къорд боны фаг хæринаг дæр семæ рафснайдтой. Ирыстоны мидæг аргъуаны ахæм æгъдау хæссы стыр зиан адæмы цард æмæ материалон уавæрæн. Уыцы хъуыддаджы уæлдай тæригъæддаг дæр та сты мæгуыр хæххон цæрджытæ". Гатейы-фырты ацы фæстаг ныхас æвдисæн у, уымæ кæд дины ахуырдзинад уыдис, уæддæр йæ адæммæ хæстæг кæй лæууы- дис æмæ йæ кæй фæндыдис йæ фыстытæй уыдонæн сæ размæ рацæуыны хъуыддаджы баххуыс кæнын. Дарддæр йæ очеркы уый бæлвырд равдыста чындзхасты æгъдæуттæ, мæрдтæн дугъ уадзын, бæх фæлдисын, дзуры"хорз зæрдæджын" адæмы тыххæй, радта бæстон характеристикæ давды, амарыны æмæ æндæр фыдраконддзинæдты фæдыл, ард бахæрыны ацы хуызтæн, хурмæ ракалдта дæснытæ, сывæллæт- ты "дзæбæх кæнгæйæ", цы алыхуызон талынг митæ кодтой, уыдон: бæлвырдæй равдыста, ирон адæммæ цы бæрæгбæттæ уыдис, уыдон иууылдæр. Ирон адæмы дины поэзийы æппæт хуызтæ дæр равдисгæйæ, 134
Гатеты Барис кæны ахæм хатдзæг: "Ирон адæмæн сеппæт цард дæр арæзт цæуы, дины æгъдæуттимæ фидар баст уæвгæйæ". Махмæ афтæ кæсы, цыма уыцы хатдзæг æгæр карзæй загъта, фæлæ Барис йæ этнографон иртасæн куысты иттæг раст равдыста, уыцы рæстæг ирон адæмы экономикон æмæ идеоло- гон царды цы ног цаутæ цыдис, уыдон. Хъаныхъуаты И. дæр йæ литературон-публицистикон очерктæ фылдæр фыста, Гатеты Барис йæ этнографон очерк цы рæстæджы фыста, уыцы рæстæг. Фæлæ Гатейы-фыртæн, Хъа- ныхъуаты Иналы хуызæн йæ бон нæ бацис афтæ хорз равди- сын, капитализмы рæзты руаджы адæмы царды цы ног ивд- дзинæдтæ цыдис, уыдон. Æхсæнадон æмæ идеологон царды цы ног цаутæ цыдис, уыдон Гатеты Барис дæр афтæ куы бафип- пайдтаид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уый ахæм хатдзæгмæ не ’рцыдаид, зæгъгæ, ирон адæмы цард "цыдис дины æгъдæуттимæ фидар баст уæвгæйæ". Фæлæ уæддæр афтæ фидарæй нæ дзуры, уымæн æмæ йæ йæхæдæг дæр æвдисы, дины иуæй-иу æгъдæуттæ куыд хæлынц, уый. Хицæн æгъдæутты уый хоны "æнæсæрфат митæ". Гатеты Барис уæлдай тынгдæр дзуры цæстфæлдахджыты — дæсныты æмæ фæрсджыты хин миты ныхмæ. "Дины æгъдæуттæ, — зæгъы уый, — равзæрын кодтой... цæстфæлдахджыты дæр, сæхи чи æвдисы, цыма Хуыцауæн йæхи- имæ æмæ йæ сыгъдæг æмæ йæ тызмæг тыхтимæ фæныхас кæнынц, афтæ, сæхи æвдисынц адæмы хæлæрттæй. Ахæм адæймæгтæ Ирыстоны сты моллотæ æмæ талынг дæснытæ". Гатейы-фырт иттæг раст дзуры, зæгъгæ, кæд уыцы цæстфæлдахджытæ зæгъынц, Хуыцауæн йæхиимæ баст стæм, зæгъгæ, уæддæр сæ адæмы æхсæн кад нæй, адæмæн сæ иу хай у уыдоны ныхмæ арæзт. Иу ахæм цæстфæлдахæг, йæ ном Мы- сырби кæмæн хуыйны, уый тыххæй дзургæйæ, Барис æвдисы, адæмы иу хай ууыл кæй нæ æууæндынц. Адæм дзырдтой: "Кæд Мысырбимæ, æцæг, Хуыцауæй исты тых лæвæрд ис, уæд йæхи фос цæуыннæ фервæзын кæны, цагъды йын куы фесты, уæд, уый ныр цал азы зилы хъæутыл, мæгуыр адæмы сайгæйæ, афтæмæй йæ хæдзары та нæдæр куыдзы хъæвдын ис, нæдæр гæдыйы лæппын". Гатеты Барисы лæмæгъдзинад уый мидæг ис, æмæ уымæн йæ бон кæй нæ бацис, Ирыстоны зæхкусджыты реформæйы фæстæ ног историон уавæры мидæг цы ног цаутæ æмæ фæзындтæ цыдис, уыдон рахатын. Фæлæ уый æппындæр къаддæр нæ кæны ирон адæмы курдиатджын этнографы аха- 135
дындзинад ирон культурæйы мидæг. Йæ очерк "Суеверия и предрассудки у осетин"-ы аппмæ гæсгæ бæрæг у, Гатейы-фырт йæ адæмы æхсæн ахуырдзинад рæзын кæнын æмæ цивилиза- цийы райдиантæ фидар кæныныл кæй архайдта, уый, Дины уæлдæр ахуырдзинад æм кæй уыди æмæ ноджы æрдзæй рахæсгæ курдиатджын кæй уыди, уымæ гæсгæ уый æркæсын кодта йæ адæмы этнографи сахуыр кæнынмæ. Йæ куысты зынгæдæр ми- ниуæг у, ирон адæмы цард æмæ æгъдæуттæ раст кæй æвдисы, уый. Кæд Гатейы-фырт ирон адæмы царды талынгдæр бынæттæ равдисынмæ йе ’ргом тынгдæр сарæзта, уæддæр уый йæ ныхас загъта иу къорд æндæр фарстаты фæдыл дæр, дзырдæн, зæгъæм: хистытæ мæгуыр кæныны хос кæй сты, хæххон сидзæргæс сыл- гоймаг иттæг зын уавæры кæй ис, дæснытæ-цæстфæлдахджытæ адæмы кæй сайынц, æмæ ноджы æндæр ахæм фарстатæ. Га- тейы-фырты цæстæнгас, ууыл уæл-дæр ныхас кодтам, махæн уый æвдисæн у, æмæ Гатейы-фырт кæй уыдис прогрессивон архайæг, йæ адæмы культурæ æмæ ахуырдзинад размæ ракæ- нынæн йæ тыхтæ спайда кæнын чи сфæнд кодта, ахæм адæй- маг. Куыд уынæм, афтæмæй Гатейы-фырты очерк у историктæн æмæ этнографтæн ахсджиаг документ ирон адæмы цард æмæ дины уавæр ахуыр кæныны хъуыддаджы. Наукон куыст кæны- ны тыххæй уымæн йæ фадæттæ уыдысты тынг æвзæр, йæ æнæниздзинад лæмæгъ кæй уыдис, канд уый тыххæй нæ, фæлæ йæ царды материалон уавæртæ æвзæр кæй уыдысты, уый тыххæй дæр. Æмæ кæд ахæм зын уавæрты дæр Гатейы-фырт, йæ æнæниздзинад лæмæгъдæр кæй кодта, уый ницæмæ дардта, уæддæр нын ныффыста курдиатджын очерк, сбарæн ын ис на- укон сгуыхтдзинæдтимæ. Уымæ гæсгæ Гатейы-фырт XIX-æм æнусы 70 азты Ирысто- ны культурæйыл архайджыты æхсæн нæ ахсы фæстаг бынат. "Мах дуг", 1950, № 3. ^^ж *&* 136
ОБЛÆСТЫ ÆВЗАДЖЫ АРÆЗТАДЫ ТЫХХÆЙ ÆК(б)П-йы ОБКОМЫ БЮРОЙЫ УЫНАФФÆ 1. Фидаргонд æрцæуæд Цæгат æмæ Хуссар Ирьгстоны иугонд конференцийы уынаффæ æвзаджы арæзтады тыххæй. 2. Конференцийы уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцæуæд афо- ныл æмæ æнæмæнг кæнинагыл иумæйаг ирон литературон æвзагмæ рахизын, куыд Цæгат Ирыстон, афтæ Хуссар Ирыс- тоны дæр. 3. Ирон литературон æвзаджы бындурæн æвæрд æрцæуæд ирон диалект "цы гæнæг" здæхтимæ æмæ цас фылдæр амал ис, уыйбæрц пайдагонд æрцæуæд ирон æвзаджы æппæт иннæ диа- лектты лексикон хъæздыгдзинад. 4. Дыгуры районы газет "Сурх-Дигорæ" хъуамæ мыхуыр- гонд цæуа дыгурон диалектыл, цалынмæ бындурон чиныгкæсæг дзыллæ литературон æвзаг базона, уæдмæ. Цæмæй бындурон чиныгкæсæг дзыллæ литературон æвзаг базона, уый тыххæй "Сурх-Дигорæ" хъуамæ йæ фæрстыл адæммæ хæццæ кæна рæстæгæй-рæстæгмæ литературон æвзаг. 5. Дыгурон райдиан скъолаты ахуыр цæуæд дыгурон диа- лектыл, райдайæн скъолаты уæлдæр къордты ирон литерату- рон æвзагимæ зонгæ кæнгæйæ. Æнæ кæнгæ кæмæн нæй, ахæм хъуыддагыл нымад æрцæуæд ирон скъолаты æвзаг æмæ лите- ратурæйы урочы æмрæнхъ амонын ахуыргæнинæгтæн, ирон æвзаджы чи нæ ис, ахæм дыгурон терминтæ. Хæсгонд уæд Облахуырады хайадæн, дыгурон скъолаты уæлдæр къордтæн, ирон литературон æвзагимæ куыд базонгæ кæнæн ис, æмæ ирон скъолаты ахуыргæнинæгтæн, ирон æвза- джы чи нæ ис, ахæм дыгурон дзырдтæн куыд базонæн ис, уымæн бæлвырд методты хуыз саразыныл бакусын. 6. Ахуыры чингуытæ æмæ аккаг сывæллæтты литературæ дыгурон скъолатæн уагъд цæуæнт дыгурон диалектыл. 137
7. Хъуыддæгты гæххæттытæ дыгурон районы фыст цæуынц дыгурон диалектыл. 8. Дыгуры æрыгон фысджытæй иумæйаг литературон æвзаг чи нæ зоны, уыдонæн фадат лæвæрд æрцæуæд сæ фыстытæ мыхуыры уадзынæн (газетты дæр, рауагъдады дæр) дыгурон диалектыл. Советон Фысджыты Оргкомитетæн та бæрнгонд æрцæуæд, куыд бацархайа ууыл, цæмæй тагъддæр базоной ирон литературон æвзаг (къордты кусгæйæ æмæ æндæр ахæм фадæт- ты æххуысæй). 9. Коренизацийы дарддæры æппæт куыст дæластæуккаг æмæ астæуккаг скъолайы æмæ облæсты æндæр скъолаты хъуамæ цæуа 1934-1935 азтæй фæстæмæ ирон литературон æвзагыл. 10. Æппæт ирон газеттæ, æппæт ахуыры чингуытæ, аив по- литикон æмæ æндæр ахæм национ литературæ (Дыгуры тыххæй 4-6 æмæ 8 пункты цы амынд æрцыд, уымæй фæстæмæ) облæ- сты мыхуыргонд цæуæнт ирон литературон æвзагыл 1934 азы 1-æм августæй фæстæмæ. "Рæстдзинады" чиныгуадзæнæн хæсгонд уæд, уыцы хъуыддаджы фæдыл йæ чиныгуадзыны пъланмæ ногæй æркæсын, уæлдайдæр та æркæсæд хицæн чин- гуыты тираж фæфылдæр кæнынмæ, Дыгуры районы цас бахъ- æудзæн, уыцы чингуытæй, уый банымайгæйæ. 11. Хæсгонд уæд Облахуырады хайадæн æмæ Цæгат Ирыс- тоны ахуырад-иртасæг институтæн иумæйаг литературон æвзаг саразыны мадзæлттыл бакусын, уæлдайдæр та ирон æвзаджы хицæн дохтыртæ лексикон хъæздыгдзинад спайда кæнынæн — дыгурон диалект бакусын Ирпединститут æвзаджы æмæ лите- ратурæйы хайады, иугонд дзырдуæттæ рауадзын газетты фæрцы скъолаты æмæ æндæр ахæм рæтты æмбарын кæнын, литерату- рон æвзагмæ цы ног терминтæ хаст æрцыд дыгурон æмæ æндæр диалекттæй уыдоны. 12. Хæсгонд уæд Ахуырады хайадæн, Ирпединститутæн æмæ "Рæстдзинады" чиныгуадзæнæн æвзаджы арæзтады æмæ чиныгуа- дзыны куысты æппæт фарстаты дæр куыст Хуссар Ирыстонимæ æнгом сбæттын иугонд конференцийы уынаффæйы бындурыл. 13. Обкомы Культпроп саразæд контрол, ацы уынаффæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. ÆК (6) П Обкомы секретарь Демиховский "Мах дуг", 1934, № 2 138
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ЦÆГОЛТЫ Георги "ПЕТУСОК, ПЕТУСОК!" (Цыбыртæгондæй) тг Т ый раджы уыди, мæ лæппуйы бонты. Бахъуыди \^ мæ Чырыстонхъæуæй Алагирмæ бауайын. Уæрдон *й>? баххуырстон, æмæ сæрдыгон райсом араст стæм. Бæх уыди мæнкъæй, цола, æдых. Йæ сæр дзедзыройгæнгæ, цад- æггай ласта уæрдон йæ фæдыл. Бæхтæрæг — ме ’мбал, Чыры- стонхъæуы скъолайы иумæ ахуыр кодтам. Хур бæрзонд ссыди, афтæ нæ Цырауыдонæй бафале кодта бæх. Махæй алчи дæр аныгъуылд йæхи сагъæсты. Бæхтæрæг- иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрбатъæпп кодта бози æмæ-иу уисæй февзыста бæхмæ: — Нуа-а! Анкъуыс размæ! Бæх-иу уыцы сахат хъавыд йæ къæхтæ цырддæр айсын, стæй та-иу раздæрау лæсын байдыдта. Иуахæмы уæрдоны хицау базарыд. Райдианы — фидисса- джы зарæг. Кæйдæр чызгыл. Зарæггæнæг, æвæццæгæн, иттæг мæсты кæмæ уыд, ахæм чызджы зарæг. Йæ саразæг нæ баца- уæрста уайдзæфтыл, хаттæй-хатт та-иу æнæфсарм ныхæстæ дæр бахауди зарæджы. Чысыл фæстæдæр ме ’мбал уыцы зарæг фæуагъта æмæ райдыдта æндæр, цавæрдæр абырæджы зарæг. Стæй рахызт æртыккаг зарæгмæ. Кæйдæр усыл. Уый дæр фи- диссаг. Æмæ та ног зарæг. Цавæрдæр æхсарджын æлдарыл. Ацы зарæг дæр та кæронмæ нæ ахæццæ, æмæ бæхтæрæг "уæрæйдæ" кæнын систа. Фенцад, иучысыл ацыдыстæм, æмæ та ме ’мбал "уæрæйдæ"-йыл ныззæгæл. Чысыл фæстæдæр æваст йæхи бацагъта æмæ базарыди: Петусок, петусок, Залатой гребесок! 139
Маслина галовиска, Солкæва бородиска! Сто ти рано встаес, Сто ти громко поес, Вани спат ни даес! Æз ныххудтæн: — Цæмæн æрбалæууыди дæ зæрдыл петушок? Нæ дзы схъыг дæ скъолайы? Уæрдоны хицау бахудт: — Уæдæ цы бачындæуа? Нæ ирон зарджытæ æнкъард ысты. Уыцы иухуызон. Кæнæ искæцы чызджы фидиссаг кæнынц, кæнае искæцы усы. Кæннод та абырджыты зарджытæ. Иу зарæг — иу абырæгыл, иннæ — æндæрыл... Йе та стауынц рагон æлдæртты. Се ’ппæт дæр —^иу джиппы уагъд. Чызджыты æмæ устыты зарджытæй чи кæцы у, уый нæ раиртасдзынæ — кæрæдзи æнгæс. Абырджыты зарджытæ дæр афтæ. Хъуамæ алы зарæджы дæр ног исты уа... Æмæ та лæг базарыди: Румяной жарею Покрылшя вашток, В шеле, за рекою, Пæтух аганек... Ноджы дарддæр куы ацæуæм, уæд та ныццæлхъ ласы: Сто ти, мамæ, бешпрештанно О шештрице вше твердис? В луцсам мире наса Жойа! — Ти мамæ нам гаварис... Дарддæр ацæуæм æмæ та — ног зарæг: Зил-бил у бабуски Шеренкий кожлик... Вот как! Вот как! Шеренкий кожлик!.. — Æмæ Хетæгкаты Къостайы зарджытæ нæ зоныс? — афар- стон иуафон бæхтæрæджы. — Нæ. Йæ кой мын кодтой. Дзырдтой мын, хорз зарджытæ, дам, фыста. Фæлæ йын йæ зарджытæ нæ фехъуыстон... Бирæ афонтæ аивгъуыдта, бæхтæрæгимæ уыцы "литерату- рон ныхас" куы кодтам, уæдæй ардæм. Бирæ цыдæртæ аивта махмæ, Ирыстоны дæр, Уæресейы дæр, æндæр бæстæты дæр. 140
Цымæ кæрæдзийæн нæ бон зæгъын цы бауид, исты æгъда- уæй та мæ рагон æмбалимæ куы сæмбæликкам æмæ та нæ нæ "литературон ныхас" сног кæнын куы бафæндид, уæд? Æнæмæнг ме ’мбалы раздæр-раздæр базонын бафæндид: уыди ма Къос- тайæ фæстæмæ, стæй ма ацы рæстæджы Ирыстоны ис, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ чи фыста æмæ фыссы, ахæмтæ? — 0, мæ хæлар, уыдис æмæ ис. Стæй тынг бирæ! — æмæ иын сæ байдаин нымайын: ахæм æмæ ахæм уыцы аз рауагъта ахæм чиныг уал æмæ уал мыхуырон сыфы. Аннæтæн нæма бан- тысти чингуытæ рауадзын, фæлæ уацмыстæ рауагътой ахæм æмæ ахæм журналтæ æмæ газетты. Ахæм æмæ ахæм, уал æмæ уал... Æмæ ноджы дарддæр. Стæй мæ ныхасмæ бафтауин: — Уый дын махмæ, æрмæст Цæгат Ирыстоны. Фæлæ ма ис Хуссар Ирыстон дæр. Уым дæр фæсте нæ зайынц. — Æмæ та нымайын байдаин поэтты нæмттæ, чингуыты нымæц, газетты æмæ журналты мыхуыргонд æмдзæгæты нымæц. Ме ’мбал бафæрсид: — Æмæ ног ирон зарджытæ та куыд мысынц? Мыййаг та чыз- джыты, устыты, абырджыты, загъдгæнаг æлдæртты зарджыты хуызæн сты, уыцы иу уагыл арæзт? Кæд уыцы иу фæндагыл арæзт сты, уæд, мыййаг, фырæнкъардæй цъæхдæндаг нæ кæнынц, чи сæ кæсы, чи сæм хъусы, уыдон? Стæй ма ноджы: æрмæст къухæй фыст цæуынц, æви ма сæ фыссæджы зæрдæйæ дæр? Æз ме ’мбалæн бамбарын кæнин, иуæй-иу фысджытæ кæй фыссынц сæ зонд æмæ сæ зæрдæйæ. Ахæмтæ хæрз чысыл ысты, фæлæ дзы уæддæр ис. Уыдонæн се ’мдзæвгæтæ зæрдæйыл æмбæлынц. Аннæтæ æмдзæвгæтæ фыссынц, афтеччыты хостæ куыд цæттæ кæнынц, афтæ. Афтекгæс райсы рецепт æмæ кæсы: уыйбæрц æмæ уыйбæрц дистиллат донæй. Райсы авг æмæ дзы ныккæны, цæйбæрц æмбæлы, уыйбæрц дон. Уый уал дын иу! Уыйбæрц æмæ уыйбæрц нывгæнын хъæуы ахæм æмæ ахæм цæхх. Бацæуы цæххыстонмæ. Фыййаггондæй дзы сисы, цæйбæрц æмбæлы, уыйбæрц, сбары йæ æмæ йæ авджы ныккæны. Уый уал дын дыууæ! Уал æмæ уал хайы уымæй. Æмæ та — хос- дарæн авг, æвгæнæн, барæнтæ... Уый уал дын æртæ! Уыйбæрц æмæ уыйбæрц уымæй. Æмæ та ноджы уый æмæ уый. Уый уал дын цыппар! Стæй афтекгæс уыдон сеппæт иумæ сцæгъды. Ав- джы хъуыры къæрмæг нытътъыссы. Бафидар ыл кæны рецепты къопи, æмæ — хос цæттæ! Афтæ архайынц мах афтекгæстæ-уацмысфысджытæ дæр. Чи зоны, кæрæдзийæ хицæн кæной æрмæст уымæй, æмæ хаттæй- хатт нæ афтекгæстæ-фысджытæ рецепттæ фыссынц сæхуыддæг. 141
Æмæ уæд рецепт та цавæр у? Æрмæст сæрымагъзы фæллой! Зæрдæ ацы куысты ницы архайæг у æппындæр. Уый, уыцы куыст куы фæкæнынц, уæд бафынæй вæййы, кæнæ исчердæм балцы афардæг вæййы. Литературон рецепттæ ацы ран вæййынц афтеччыонты хæдхалдих. Уыдон аразгæйæ дæр зæрдæ кæнæ бынтон бафынæй вæййы, кæнæ афардæг вæййы искуыдæм йæ фæллад уадзынмæ. Æмæ афтекгæс-фыссæг йæ разы æрæвæры ахæм рецепт. Хъауджыдæр ын нæу — искæцæй йæ сфыста, æви йæ йæхæдæг сарæзта — райсы йæ хотыхтæ: гæххæтт æмæ фыссæн — æмæ байдайы кусын... Æмæ дзы æппынфæстаг рауайы, йæ уазалы тæф кæмæн цæуы, ахæм цыдæр. Уый фæстæ йæ бахæссы газет, кæнæ журналмæ. Уым æй рауадзынц. Стæй та йын бынат саразынц ахæм поэты чиныджы. Ноджы ма мæ уæрдонджын æмбалы бафæндид не ’ппæт по- этты фыстытимæ дæр базонгæ уæвын. Æмæ йын æз, ай-гъай, уайтæккæ йæ къух ацаразин: — Мæнæ дын адон ахæм æмæ ахæмы æмдзæвгæтæ. Адон та — ахæмы. Ай та дьщ ахæм журнал. Ацы ран ахæмты æмæ ахæм- ты фыстытæ. Адон-иу се ’ппæт дæр бакæс, стæй-иу мын ра- дзур, дæ зæрдæмæ дзы цы фæцыд æмæ цы нæ фæцыд, стæй цæй тыххæй нæ фæцыд? Зын зæгъæн у, цавæр тæрхон рахæссид уæрдонджын, цы литературон мулк æм рардæуыд, уымæ куы ’ркæсид, уæд. Чи зоны, йæхицæн дзы равзарид иу-æртæ, кæнæ цыппар чины- джы, фæлæ иннæты сæмбæлын кæнид, кæмæй сæ райста, ууыл, йæ былтæ счъилтæгæнгæйæ: — Фæстæмæ сæ айс се ’ппæт дæр! Æмхæцæй дæр уыцы иу тамако сты! Се ’ппæт дæр иу уагыл арæзт. Æмхæцæй дæр кæрæдзи цæрмыстыгъд бакодтой. Иу поэты дзы аннæмæй нæ раиртасдзынæ. Уыцы иу, уыцы иу, уыцы иу... Иуы дæр дзы зæрдæ нæй... Иунæг мур дæр... Фæлмæцы сæ лæг... Æмæ та уæрдонджын, æнкъард-гуырысхойаг худт кæнгæйæ, ныццæлхъ ласид: Петусок, петусок, Залатой гребесок! 'Мах ауЛ 1934, № 3-4
€^ СЕЧЪЫНА ТЫЛадемыр ДЗЫГЪУЫР КАРК Радзырд æстыл хъæууон маргъæй фылдæр ницы уарзта Хъаллæ. Хъаллæ та чи у зæгъыс? Хъаллæ мæнæ нæ сыхæгты зæронд ус у, æмæ уый хорзы кой кæнын. Бæргæ æвгъау уыдис, фæлæ базæронд, мæгуыр, ныр. Йæ дыууæ даргъ дзыккуйы ныр иу быдæн дæр стæнæг сты. Сæры хъуынтыл царды фæззæг урс халас æрæвæрдта. Уæддæр ма, раст зæгъгæйæ, мæнæ иуæй-иуты куыд æртасын кæнынц ивгъуыд азтæ, ахæмæй йæм ницы ис. Æмæ кæд базæронд, уæддæр ма уый кæрчытæ, гогызтæ, хъазтæ æмæ бабызтæм чид- æриддæр бабæлдзæн. Раст кæрты фидауц сты, кæрты! Райсомæй кæркдоны дуар куы фегом кæны Хъаллæ, æмæ уыр- дыгæй æз фæразæй уон, зæгъгæ, куы рапæрпæр кæнынц мæргътæ, — каркæй, бабызæй, — уæд æмбисонды тыххæй уыдонмæ бакæс: уыцы рæстæджы зын бамбарæн вæййы, чи сæ кæуыл тынгдæр фæцин кæны, — мæргьтæ Хъаллæйыл, æви уый йæхæдæг мæргьтыл. Фæлæ, уастæн, гæныстон фæуæд адæймап æнæ хъулон кæнгæ нæ зоны... Гъер, Хъаллæ нæу?.. Уый дæр йæ дзыгъуыр каркмæ уæлдай цæстæнгас дары. Иу гага нæ аппардзæн, йæ дæларм цы чысыл бæрз кæфой фæдары, уымæй, цалынмæ уыцы каркыл йæ цæст æрхæца, уæдмæ. Æмæ йæ иуахæмы уымæн афарста йæ хо Афассæ: — Дæ мæрдтыстæн, Хъаллæ, мæстæй марæгау та ма сæ цы акæныс дæ мæргъты? — Æниу мын сæ гæккуыритæ куы схауиккой сеппæтæн дæр, уæддæр иу нæмыг аппарин æнæ мæ дзыгъуыр карк фенгæ? Дзиу, дзиу, дзиу, дзиу! — Ай дын æмбисонд, гъе!— мидбылы худгæйæ сдзырд-та Афассæ. — Сызгъæрин æйчытæ дын ма ’фтауæд, мыййаг? Хъаллæ нартхоры нæмгуытæ акалдта мæргътæн æмæ, йæ кæфой галиу къухæй цоппай кæнгæйæ, Афассæйы фарсмæ тъах- тиныл æрбадтис. 143
— Йæхæдæг мын кæй у сызгъæрин, уый æгъгъæд нæу, фæлæ ма мын æйчытæ дæр сызгъæринтæ куы ’фтауид! Æмæ, мæ судзгæ мæрдтыстæн, æцæг æмбисонды карк у. Æз дын уый хабæрттæ куы фæдзурин сæрæй бынмæ, уæд кæуылты сты, кæуылты! Амæн, мæ хур, йæ мад бур карк уыдис. Æллæх, йæ арты бынæй рухс скæла, уый хуызæн æнувыд къуырттыл фæбадынмæ мæ хæдзары маргъ никуыма равзæрдис! Æмæ дын æй уæд иуахæ- мы куы нæ уал уадзин къуырттыл бадын: гъер мæ нал хъуыдис цъиутæ. Айк нал уагътон æфтуаны, йæхи йын раппæрстон. Кæс æмæ та-иу ногæй сбадт. Цыбыр ныхасæй, йæ кæнон бакодта æмæ ма цы æртæ айчы æрæфтыдта, уыдоныл бадынтæ бацай- дагъ ласта æмæ сæ, мæ хур акæнай, иу куы фæлæхъуг кæнид, иннæтæй сынты базыры хуызæн дыууæ цъиуы куы рауадзид. А-мардзæ, зæгъгæ, сæ хæссынтæ райдыдта æмæ уæрцц зæгъин, фæлæ уæрццæй стырдæртæ фесты уайтагъд. Диссаг куыннæ уыдис уымæ бакæсын, уый сæ куыд æнувыдæй рæвдыдта, уымæ. Уæд дын иу бон уæртæ быруйы цур, тæккæ кæркдоны дæллаг" фарс, карк йæхи рыджы æвдулы, цъиутæ дæр æй фæзмæгау кæнынц йæ алфамбылай. Стæй сыл, иунæг Хуыцау æй базыр- гай куы бакæнид, цъиусур йæхи рауагъта, дыууæ цъиуæй иуы йæ ныхтæ фæсагъта æмæ йæ цæсты фæныкъуылдмæ фæаууон кодта. Ахаста йæ, уæдæ цы... Ныр-иу карк цыдæр æнахуыр хъæрæй куы ныффæдис ласта, уæд уый тæригъæдæй мæхицæн дæр уайтагъд мæ цæстысыг фемæхст. "Хъихъ," зæгъгæ, æмæ та-иу йæхи хæрдмæ фехста. Уалынджы кæсын æмæ зæххыл фæхъил ис: йæ гæндзæхтæ ацагъта, йæ къубал æмæ йæ къæхтæ æлвæст даргъ акодта, стæй сабыргай йæ зырзырæй банцад æмæ ма йæ бæргæ рауигъ-бау- игъ кодтон, фæлæ ницыуал... Йæ зæрдæ аскъуыд йæ хъæбулы мастæй, мæ игæр ын фехæла. Цъиу баззад, уæдæ цы кодта, иунæгæй. Иунæг кæм уыдис, — уымæй уæлдай бирæ маргъ кæрты, фæлæ нал мад, нал йе ’мбал. Мæхинымæры загътон мæхицæн: æнæ схъомыл кæнгæ йын нæй, зæхх иннæрдæм куы разила, уæддæр. Æмæ йæ, раст зæгъын хъæуы, схъомыл кодтон. Скарк ис, æйчытæ æфтауын райдыдта. Айк та ахæм æфтауы, æмæ бабызы айк уый цуры лыстæг зыны. Гъе, стæй, туг сыл æруара æмæ фæсмонгондæй сæ мæгуыры хъистæ фæхæрой тыхгæнджытæ!.. Хæст ардæм æрб&хæццæ. Адæмæн сæ ацæуæнтæ зындгонд уыдысты æмæ хæхтæм сæхи айстой. Уæлæ Бтемырайы-фырт — партийы хи- цау — йæ бирæ æмбæлттимæ адæмæн сæ ирвæзынгæнæг уыд уæд. Иуæй-иу мад æмæ фыд уыцы змæстыты сæ цотæн уынаффæ 144
кæнын дæр нал арæхстысты, фæлæ уый æппæтыл дæр æххæссыд, сызгъæрин феста. Гъеры мах дыууæ зæронды стæм, уæддæр нæм иу рæстæджы хи къахæй æрцыдис, æмæ, дам, знаг асæй никæй равзардзæн, мæ мад æмæ мæ фыд, уæхи бафснайут. Фæлæ нæ зæронд ныллæууыд, советон хицауады руаджы, дам, мæ зæнæг адæмы рæнхъытæм цы хæдзарæй рацыдысты, уый дзæгъæл нæ ныууадздзыстæм. Стæй, дам, тæрсгæ ма кæн, не ’фсин: къæвдайы фæстæ хур дæр ракæсы, знагæн æнæ фæбынæй хос нæй. Афтæтæ. Хорз, баззадыстæм. Уалынмæ дын мах хæдзармæ дæр æрбагæппытæ кодтой дыкъахыг бирæгътæ, нæ зæрондимæ нæ сарамæ ратардтой. Æз дæр цы уыдтæн, уый уыдтæн, фæлæ уымæн йæ зæрдæ куыннæ аскъуыд фырмæстæй? Уæд дын зæронд ныллæууыд æмæ загъта: "Хæрзсæфт кæнæм — нæ колхозы кæрчыты фермæ дзæгъæл баззад. Сыдæй мæлдзы- сты замманайы дзугтæ. Нæ йæ ныууадздзынæн дзæгъæл, хæст мæ нæхи къæсæрмæ куы аныхъуыра, уæддæр". Йæ ныхасæй къæмы бæрц дæр нæ аивта æмæ сыхы зæронд лæгтимæ бы- дырмæ кæрчыты фермæмæ йæхи айста. Ныр хæст йæ тæккæ тынгыл уыд, знæгтæ та — сæ хъалыл... Ацыд, уæдæ цы кодта, æз та ам баззадтæн. Кæсын, æмæ кæркниз нæ кæрты дыгай къæхтыл цоппай кæны. Мæ кæрчыты мын иугай-дыгай сау емынæ йæхимæ исы... А-мардзæ, зæгъгæ, сæ лæгхортæ цæгъдгæ æмæ тæвдæй тæвдмæ къуыдырфых кæнгæ! — Уыдон уыдысты емынæ, гъе! Бæргæ зæрдæ рысти, фæлæ цы мæ бон уыдис? Рау- уат кæнын мæхинымæры, мæ хæдзарæй бынтон куы сыскъуына фæныкхуыз карчы мыггаг, уæд, зæгъгæ, æмæ уасæджы йуахæ- мы зæрондимæ быдырмæ фæраст кодтон. Карк нæ бафтыд къу- хы. Уæд ацы дзыгъуыр карк баззад зыбыты иунæгæй æмæ йын цы нæ кодтой, фæлæ ницы хуызы æфтыд дыкъахыг бирæгъты къухы. Гъер-иу изæрæй йæ бадын афон æрбахъуызыдаид æмæ уæлæ цары цы фæрв хосы хъил ис, ууыл, æнæ иу сыбыртт фæкæнгæйæ, сбадтаид. Бон æрбацъæх ис, зæгъгæ, уæд æй цæсты фæныкъуылдмæ нал ауыдтаис кæрты. Хъæр, цъæхахст кæнгæ- иу кæмдæр баууон кодта йæхи. Æвзæргæнæджы чидæриддæр зоны. Æз æй ардыдтон, уæдæ, гъер мæ дзыгъуыр карчы, дæхи знаджы къухмæ ма ратт, тох кæн, цалынмæ дæ бон у, уæдмæ, зæгъгæ... Æнаккæгтæ! Фæлæ бирæ нæ ахастой сæ фыдмитæ... Нæхиуæттæ сæ сæ разæй айстой, се счъилты пырхытæм фæкæсынмæ дæр сæ нал æвдæлдис. Æмæ уæд хъæуы адæм фæстæмæ здæхын райдыдтой. Нæ лæг дæр уасæг йæ дæларм фæкодта æмæ арфæтæ кæнынмæ суадис. Худæгæй мыл, мæ хур, йæхи схаста, мæ кæрчыты хабар мын куы базыдта, уæд. Гъер, 10 Мах дуг № 5, 1999 Н5
дам, "дæу у", «мæн у» дæр афтæ фесæфдзæн, дæ кæрчытæ куыд фесæфтысты, афтæ. Кæсыс, дам, махæн нæ иумæйаг кæрчытæй иу дæр нæ фæхъуыд. Иу хуыснæг нæм æрбахъуызыд уасджыты хъæрмæ æмæ йын йæ тъæнгтæ сагойæ рауагътам. Фæлæ!.. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, уыцы уасæг æмæ дзыгъуыр карк кæрæдзийы куы федтой, уæд дзы иу иннæйы фырцинæй хæргæ кодта! Æнæнтыст æрбауай, ныр дæр быруйы цурмæ хæстæг куы ’рцæуы, æхсгæ йæ кæдæм кодтой, уырдæм, уæд, мæ хур, йæ сæр хæрдмæ сивазы æмæ цыдæр æнахуыр хъæртæ скæны. — 0, ахæм хабæрттæ, гъе, Афассæ, — йæ бынатæй сцæйстгæйæ ма загъта Хъаллæ, стæй тагъдгомау фæраст ис æмæ сугсæттæны йæ раздарæнмæ лыстытæ æмбырд райдыдта. Йæ мойы сæмбæлд æртæ сойыфыхæй ссарыныл архайдта. "Мах Аут", 1953, № 11
НОМЫРЫ ИС: «МАХДУГ»:65АЗЫ Разныхас 4 | КОЦОЙТЫ Арсен. «Фыдбылыз». Радзырд 5 МАЛИТИГеуæрги. Кизгайизар. Æмдзæвги 12 НИГЕР. Ызнон цымауыдуый... Æмдзæвгæ 14 , Илас ÆРНИГОН Фæзмын хорз нæу. Драмон ныв . 16 КЪУБАЛТЫ Алыксандр. ИссææмæНох. Цыбыр радзырд 19 | ПЛИТЫ Грис. Æмдзæвгæ 23 МЫРТАЗТЫБарис. Æмдзæвгæ 24 I ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр. Дыууææмдзæвгæйы 25 ЕПХИТЫ Тæтæри. Дыууæ радзырды 27 КОЧЫОАТЫМухарбег. Сау цæстытæ. Æмдæвгæ 40 КАЛОТЫХазби. Æртæ æмдзæвгæйы 41 БАЛАТЫ Тембол. Æмдзæвгæ 43 ДАРЧИТЫДауыт. Дыууæ æмдзæвгæйы 44 СИДАХЪ ТЫ Оимон. Барæг. Æмдзæвгæ 45 МАМСЫРА ТЫДæбе. Алхæсты ускуырд. Радзырд 46 ЧЕХОЙТЫ Сæрæби. Лирикон рæнхъытæ 54 ЦЫРЫХАТЫМихал. Æмдзæвгæтæ 56 ТУА ТЫДауит. Хатуйы хæдзар куыд ныккалд. Радзырд 57 ДЗУГА ТЫГеорги. Сагьæс. Æмдзæвгæ 63 БОЦИТЫ Солтан. Æмдзæвгæ 64 ГАДЖИТЫГеор. Мад. Æмдзæвгæ 65 БИЦЪОТЫ Грисæ. Цъиутылымæн. Радзырд 66 БЕСТАУТЫ Георги. Æмдзæвгæтæ 69 ДЗАБОЛА ТЫХазби. Æмдзæвгæтæ 72 ХОСТЫХЪОТЫЗинæ. Æмдзæвгæтæ 74 ДЗАСОХТЫ Музафер. Цыппаррæнхъонтæ 75 МАЛИТЫ Васо. Фæстаг æмдзæвгæ 76 Джыккайты Шамил. Æмдзæвгэг 77 ХОДЫКамал. Сатирикон рæнхъытæ 78 147
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД БАЗЫРГАНТÆ. Таурæгь 93 Цæукъа., Фыркъа æмæХъыбыл. Аргъау 95 Дыууæ таурæгьы 100 Алай. Зарæг 102 УИДÆГТÆ Абайты Васо. Фолклор 104 МЫСИНÆГТÆ Гарданты Михал. Къостаимæ фембæлдтытæ 111 Брытьиаты Созырыхъо. Къостайы мысæн бон 118 Ахæмæй йæ зыдтон 121 Гулуты Андрей. Арсенытыххæй 125 ПУБЛИЦИСТИКÆ Тотойты Михал. Гатеты Барис— этнограф 129 Облæсты æвзаджы арæзтады тыххæй ÆК (б) П-йы обкомы бюройы Уынаффæ 137 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ Цæголты Георги. «Петусок, петусок!» 139 Сечъынаты Ладемыр. Дзыгъуыр карк. Радзырд 143 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 08.04.99. Подписано в печать 17.06.99. Формат издания 60x841/16. Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта МугК Печать офсетная. Усл. п. л. 8,6. Учетно- изд. л. 7,07. Заказ№3136. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом предприя- тии им. В. А. Гассиева, Комитета по печати и информации, РСО-Алания 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. ©Махдуг№5, 1999