Текст
                    Отсканировано
в декабре 2016 года
специально для эл. библиотеки
паблика «Бæрзæфцæг»
(«Крестовый перевал»).
Скангонд æрцыд
2016 азы декабры
сæрмагондæй паблик
«Бæрзæфцæг»-ы чиныгдонæн.
http://vk.com/barzafcag


Æмдзæвгæтæ ЧИНЫГУАДЗÆН „ИР« 0РДЖ0НИКИДЗЕ 1979
С(Осет) ЦЗО Цæгæраты Г. 1130 Арфæ. Æмдзæвгæтæ. Орджоники- дзе, «Ир», 1979. 144 ф. нывт. Цагараев Г. Н. Благодарность. Стихи. 70 403-79 30-79 С(Осет) М131(03)—79 © Издательство «Ир», 1979
ЛЕНИНÆН Уый уыд раджы, саби ма куы уыдтæн,— Хъуыстон алкæд Ленинæн йæ кой. Ленин цардмæ дзыллæты куыд хуыдта, Уый тыххæй-иу хъæубæсгæ дзырдтой. Уыйфæстæ æз базыдтон мæхæдæг, Стыр Лснин нæ адæмæн цы уыд, Алчи йæ цæмæн хуыдта йæ фæтæг, Алчи йæ цæмæн хуыдта йæ фыд. Базыдтон, цæмæн дзырдта нэе бартыл, Знæггимæ цæмæн самадта хæст, Лснины рæсугъд фæндтæ Компарти Абон дæр цæмæн кæны æххæст. Лениныл æрвылбон дæр æмбæлын, Уый фæрцы ныфсджындæр у мæ цыд. Уый мæнæн фæтæг æмæ æмбал у, Уый мæнæн у буц рæвдауæг фыд. Æз æдзухдæр Ленины фæллæйттæ Ахуыр кæнын, алыбон кæсын. Æз нæ фæтæг Ленины хъуыдытæ Зæрдæйы нæ фидæнмæ хæссын. 3
ЛЕНИНЫ ФЫСТЫТÆ Сты .Ленины æнæмэелгæ фыстытæ: Сæрибар цард, Æнусон зард, Нæ зæнггы магъз, нæ уидаг. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Æнусон Хур, Æнæбын фурд, Æнтыстдзинæдтæм сидаг. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Сыгъдæг фæндаг, Зынтæ сæттаг, Æндонæй дæр æндондæр, Сты Лёнины æнæмæлгæ фыстытæ: Рæсугъд фæндтæ, Бæркад дæттæг, Бæрзонд хохæй бæрзонддæр. Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ: Хæлардзинад, Æмбардзинад, Сæ хъармæй их дæр тайы. Æз фæкæсын Ленины фыстытæ Бæркадкъухæй, Зæрдæрухсæй, Нæ сæ зонын фæллайын.
АМОНД Лæг фыццаг хатт ку’ амбæлди лæгыл, Амонд, чи зоны, уæд фæзынд. Кæд, миййаг, кæддæр зæххыл Дидинæгау рæзыд, Арæхстгæ йæ лæг æртыдта, Рахаста йæ рухсмæ, Æмæ ссис нæ хуры тынау Йе ’мбæлццон æнусмæ. Лæг лæгæн хæлар куы загъта, Чи зоны, уæд равзæрд. Кæд, миййаг, уый айнæг хох куы къзхта, Уæд фæцис сызгъæринау йæ размæ. Къæвдаимæ кæд уæларвæй Хус мæрмæ æртагъди. Чи зоны, зæрдæйы арфæй Злратимæ стахти. Кæ;т, миййаг, уый райгуырд артагй, Æмæ боп фæирддæри йæ зынгтæй. Кæд бæркады хуылфы царди, Афтæмæй ныххæлиу фынгтыл. Чи зоны, мæнæуы хуылфы равзæрд, Бæласыл æрзади. Гъе та иу уалдзæджы бавдæлд Æмæ цъитийæ æртади — Хъуамæ йæ нæ урссæр хæхтæй Суадæттæ фæластой, Кæнæ йæ нæ хъæдтæй мæргътæ 3
Алырдæм фæхасгой. Равзæрди кæд кæрдæджы ызмæлды, Хосдзауы æндон цæнæджы ’хситты. Кæнæ та бæрзонд айнæджы зæлды, Номдзыд раздзæуæджм сидты. Мады фæлмæн ныхасы кæд равзæрд, Чи зоны, чызджы цæстытæй ракаст. Айгæрста йæхицæн фурдты развæд Æмæ донæй адæймагмæ рараст. Дымгæ йын кæд йе стыр цард Æмбæрста Æмæ йæ хæдзар-хæдзар Фæуæрста... 6
ИУМÆ Скæсынц зæххæй дидинджытæ, кæрдæг, С’ аив хуызæй барухс вæййы зæрдæ. Фæлæ сæ куы батавынц нæ къухтæ, Уæд сæ сыфтæ свæййынц ноджы пухдæр. Бæлæстæ сæрыстыр сты сæ кондæй, Быдыртæм куы фæлгæсынц бæрзондæй. Фæлæ сæм куы базилынц нæ къухтæ, Уæд ысвæййынц ноджыдæр рæсугъддæр. Хуры тынтау адаргъ ысты уынгтæ, Горæттæ ’мæ хъæутæ рæзынц тынгдæр. Фæлæ сæ куы барæвдауынц къухтæ, Уæд ысвæййынц райдзасг æмæ рухсдæр... Кусынц, кусынц... Афтæ кусынц къухтæ Цард рæсугъддæр кæныныл æдзухдæр. Æмæ та, кæсут-ма, адæм иумæ Рагуылф кодтой Коммунистон зиумæ. 7
АНДЖЕЛÆ ДЕВИСÆН Анджелæ Девисыл сæххæст 27 азы ахæстоны. Мæ.гуырæн бон у. Райдзаст хур кæсы Мæ рудзынгмæ йæ мидбулхудгæ арвæй. Мæ цины бон мын ме ’мбæлттæй хæссы Æргом зæрдæйæ алчидæр йæ арфæ. Ызмæлынц кафтæй горæт æмæ хъæу, Нырризынц зардæй быдыртæ ’мæ фæзтæ. Мæ райгуырæн бон’ афтид мæхи нæу, Йæхимæ райста абон уый мæ бæстæ. Дунейы хæрзты тæккæ хуыздæр — рухс Куы федтон æз, куы ракастæн мæ цæстæй. Мæнмæ фыццагдæр бадардта йæ къух Мæ хæларзæрдæ, адæмуарзаг бæстæ. Мæ цины бон æрымысыдтæн дæу. Мæ фаззон Девис. Байхъус-ма мæнмæ. Дæ гуырæн бон æрмæст дæхи цин нæу, Дæ гуырæн бон, Анджелæ, у мæн дæр. Мæ зæрдæ мын æхсыны абэн рис, Цæмæн у ахæм тугмондаг дæ бæстæ? Йæ хъæбултыл цæмæн æфтауы низ? Кæй ныууадздзæни фидæнæн йæ фæстæ? Нæ дæм бацæудзæн цины бон дæ мад. Дæ бæстæ йын æрæхгæдта йæ фæндаг. Дæ гуырæн бон нæ ныззардзæн æрвад, Дæ уарзон дæм нæ фæкæсдзæн йæ фæндйаг. а
Дæ къухмæ систай урсбазыр бæлон, Кæсыс хæстон хæдтæхæгмæ фыдæхæй. Цæмæй кæмдæрты не ’мбæлттæ мæлой — Ыстæхы цъиусур уый тыххæй дæ зæххæй. Уым судзы горæт, пиллон калы хъæу, Йæ хæс —æркалын сау бомбатæ тггъддæр. Анджелæ Девис, уый нæ фæнды дæу, Нæ фæнды, нæ, гъеуыцы бгллхх мах дар... Мæ гуырæн бон у. Райдзаст хур кæгы Ма рудзынгмæ йæ мидбылхудгæ арвæй. Хæххон дымгæ ызиæт бæстæм хæссы Анджелæмæ йæ гуырæн бон мæ арфæ. 9
ЧИЛИЙЫ ХЪÆБАТЫР Сальвадор Альендейы мысынæн Знаг æрхъула президенты уатыл. Нæу Альенде афгæ æнцон райсхн. Рын йæ цурмæ ’фсæны тыхтæй батылд, Фæлæ нæй Альендейæн фæтасæн. Танктæ ссæндынц. Сау хъæндилтау хилынц Президентмæ,— байсой йын йæ б<ртæ. Тугдзых мæргътау хæдтæхджытæ зилынц, Калынц зынг сæ сармадзанты артмæ. Адæмы уынаффæдон ныр судзы, Калы пиллон. Уырдыгæй куыд феста! Ацы сахат хурмæкагсæн рудзынг Президентæн тохы быдыр фестад. Сахъ Альенде знаджы ныхмæ уадау Риуæмбæрцæй балæууыд æд гæрзтæ. Уый хæцы йæ бынаты салдатау, Президентау хъахъхъæны йæ бæстæ. Ардыгæй уыдта рæсугъдæй хæхтæ... Мадæлтæ сæ сабиты куыд узынц... Ардыгæй йæ хотыхты гæрæхтæ Чилийæн ныр азæлынц йæ хъусы. Знаг бырсы. Бырсы. Бырсы хæлæфæй... Президенты ’хсыст зæрдæмæ хъавы. Дæлæ-ма, Альендейы рæстдзæфæй Знаджы танктæй иу ныллæууыд, бабын. 10
Дуне йын рæстаг æвдисæн. Федта: Нæ, нæ! Уый йæ бынатæй нæ рахауд! Й’ адæмы уый уарзта президентау, Карз тохы фæмарди уый салдатау. И
ПОЭТЫ МÆЛÆТ Пабло Нерудайы мысынæн Рынчын Пабло кæсы йæ уатæй. Йæ бæстæ судзы. Ф;стад зынг. Иæ адæмы хъысмæт, йæ бартæм Еырсы, æрбалæбуры рь.н. Иæ гамхуд систа, рахылд хунтæ, Ка?ны сæрибары хуыдуг. Ызгъæлынц Чилийæн йæ къултæ, Йæ хъæдгæмттæй лæдарсы туг. Рын1ын Пабло кæсы й* уатæй. Йæ зæрдæ йын æлхъивы зын. Йæ хъустыл уайы пиллон артæй Рæстдзинад, адæмы хъæрз^н. Альенде Сальвадор уым басыгъд, Уым судзы адæмы цæссыг. Йæ бæстæ стыр тасы кæй бацыд, Дæтты йын мин хатты уый хъыг. Рынчын Пабло кæсы йæ уатæй. Иæ бæстæ судзы. Фестад зынг. Цыма йæ исчи фехста фатæй,— Хæцы йæ зæрдæйыл .. Æрцъынд. Хъæрзын, цагссыг æмæ фыдмастмæ Уый нал бафæрæзта кæсын... Æнкъард дидинджытæ йæ фарсмæ Æгомыг чырыны хуыссынц. Æрбарвыстой сæ фæзтæ ардæм, Сæ бæсты йын зæгъой «хæрзбон». Æрбарвыстой йын сæ йæ адæм, Æрбацæуын æм нæу сæ бэн. 12
Хуыссы йæ чырыны Неруда. Зыны йæ ныхыл уым дæр мæт. Уый ницы с рæзта йæ удæн,— Лæгау зæххыл ныууагъта фæд. Йæ мæгуыр р ст гдæмы уарзта, Фæкодта сын фыртау лæггад. Йæ гыццыл зæрдæйы фæхаста Рæсугъдæй йе стыр бассты кад. Иæ алы чиныг дæр уыд рудзынг, Сæ рухс парахатæй фæкалд. Ныр сæ лæгмартæ пецты судзынц... Фæлæ æнусон у сæ арт... Фашизм ын йе ’мбæстæгты мары. Æппындæр нал ауагрды, нал. Фæлæ æхгæд стадионтæ зарынц Хъæрæй «Интернационал». 13
ЗАРЫ ВИКТОР ХАРА Стадионы бачындæуыд зарæг. Йе ’рцахсыныл сфæнд кодта ьзнаг. Стадионы зары Виктор Хара, Хъадамантæ йыл кæнынц зыланг. Зарæгæй æфхæрд лагер æккъуысы. Зарæг маргъау быдьртагм ть р (ы. Зарæгмæ æгас Чили дæ4) хъусы, Харайæн æгас Чили хъырны. Зарæг фатау знагæн у йæ мархг. Удыхосау — адæмы хъæуы. Æмæ зары, зары Виктор Хара,— Знаджы ныхмæ комкоммæ лæууы. Чили ’нкъуысы хотыхтæн сзе хъæрæй, Ивы зарæг топпыты къæр-къæр. Знаг ныхгæдта Харайæн йæ хъæлæс. Зарæг баззад зæрдæйы уæддæр. Стыдтой знæгтæ Харайæн йæ зæрдæ, Ницы бацн зарæгæн сæ бон. Айстой йæ тырысайду æндæртæ, Систой йæ сæрибдрау бæрзонд. 14
ЛУИС АЛЬБЕРТОЙЫ ЗÆРДÆ Концлагер «Чакабуко» йз1 æхгæдæй Лæджы цард хурмæ бæлгæйæ ныццыбыр. Луис Альберто Корваланы зæрдæ Уым йе ’мбæстæгты тухитæй нытгыппыр. Йæ тæгтæ дары иудадзыг æлвæстæй, Уый бахсысти Альгндейы куырдадзы. Тымбылкъухыйас уый куы у æрмæстдæр, Фæлæ дзы йе стыр бæстæйы маст бацыд. Уый ратыдтой рæстаг тыхтæ мæлæтæй, Куыннæ баззайой рухс фæндтæ æдзардæй. Сæрибармæ æмтохгæнæг фæлтæртæм Уый рахызти дывыдоны фыдартæй. Æмæ цыди уый фæзты æмæ хæхты, Лæвæрдта ’гъдау уый алкæйы æмбæлдæн. Концлагеры цы бавзæрста бæллæхæй, Дзырдта, дзырдта æвæллайгæ æмбæлттæн. Куырдадзы хуызæн уын хуылфы цæхæр уыд, Рыстæй уыд дзаг, фæлæ нæ цыд йæ хъæрзын. Йæ бæстæйы маст уый мидæг æгæр уыд, Æмæ йæ бон куы нал баци йæ хæссын. 15
...Иæма банцаДи хъулон арв нæрынæй, Æрбассæнды цæхæркалгæ, æрттивгæ. Луис Альберто Корваланы зæрдæ Кæны нæ зæрдæты тæгтæ æлхъивгæ. 16
КОРВАЛАН МÆСКУЫЙЫ Мæн хуыссæг ацы ’хсæв нæ ахсы, Мæ цин у дунейау ыстыр. Уыд Лучо цалдæр азы ахсты, Фæлæ нæ баци уым æмыр. Сæ тых та равдыстой нæ тыхтæ, Рæстдзинад равдыста йæхи. Ныхгæдтам хунтæйæн сæ дзыхтæ, Ыскалдтам хунтæйæн йæ хин. Æмæ ныр Корвалан — сæрибар, Куыннæ тæха мæ цин дæрдтыл! Уый разынди æндонау фидар, Нæ бакуымдта уæддæр сæттын. Æз дæр дзырдтон йæ фарс æдзухдæр, Мæ хъæлæс дæр æм Ирæй тахт. Рæстаг къухтимæ уыд мæ къух дæр, Зыдтон, кæй фембæлдзыстæм тагъд. Æмæ ныр Корвалан — Мæскуыйы, Салам ын иууылдæр дæттынц... Кæмдæр та знаджы рæхыс скъуийы, Йæ мæнгконд цæджындзтæ сæттынц. 2 Арфæ 17
НÆ ЗÆХХ Фæндæгтæ, быдыртæ, къæдзæхтæ... Фæйнæрдæм фæцыдтæ, нæ зæхх. Ды — арвæй фæтæндæр, уæрæхдæр, Нæ туджы — дæ сой æмæ цæхх... Дæттыс нын цырæгътæ, Нæ зæхх. Æвзистхуыз æртæхтæ, Нæ зæхх. Дæ суадæттæй нуазæм, Нæ зæхх. Дæу мадæлтау уарзæм, Нæ зæхх. Фыдæхтæ, фыдмигътæ, фыдбонтæ... Нæ разындтæ знагæн фысым. Дæ хъайтар — дæ зынгхуыст хæстонтæ Æнусмæ дæ риуыл хуыссынц. Дæ уæлæ — цыртытæ, Нæ зæхх. Дæ алы фырты дæр, Нæ зæхх, Дæ хъæбысы дарыс, Нæ зæхх. Йæ намысыл зарыс, Нæ зæхх. 18
Бæркад дæ, тыхджын дæ, рæсугъд дæ.. Нæ нын кæныс ницы хæлæг. Æмæ дын мах исæм нæ худтæ, Нæ сæртæй дын кувæм ныллæг. Кæрон нæй дæ дæттæн, Нæ зæхх. Дæу тавынц нæ фæдтæ, Нæ зæхх. Хæссынц дæ нæ къухтæ, Нæ зæхх. Æууæнд сыл æдзухдæр, Нæ зæхх. 1$
БÆЛÆТТÆ Систы уыдон, ис зæгъæн, æрмахуыр, Семæ ис æцæг хæларау дзурæн. Уыдон афтæ сахуыр ысты махыл, Æмæ иуварс нал цæуынц нæ цурæй. Ис зæгъæн: лæджы æууæнк æмбарынц, Асид-ма сæм — фестдзысты дæ разы. Хорз цæстæнгас сабийау æнкырыни, Мигъ бон армæ тар æрфыг нæ уарзынц. Къух сæм бадар — абаддзысты д’ армыл, Райдайынц дзы дзулы муртæ уидзын. Сахуыр ысты адæймаджы хъармыл Æмæ дзы сæ базыртæ æхсидынц. Фæлæ маргъ æдзух зæххыл нæ цæры, Ахæссы йæ цъæх арвмæ йæ зæрдæ, Æмæ нæм йæ базырты пæр-пæры Ферттивынц сæрибары цæхæртæ. Я>
ÆНУСОН АРТ Зæххæй арт ыстыдта рудзынг, Зæххæй пиллон калы арт. Уый — салдаты зæрдæ судзы, Уый — тæлфы салдаты цард. Райста бæстæйæ цæхæртæ, Хъахъхъæдта нын уый нæ цард. Уыд æндонæй конд йæ зæрдæ, Хаста уый йæ къухты арт. Уый нæ байрох кæндзæн рæстæг, Нæу нæ адæмæн уый мард — Мннгай лæгтæн уый йæ фæстæ Фарнимæ ныууагъта цард. Бясыгъди салдат фыдхæсты, Сæххæст кодта уый йæ ард. Рьйгуырæн зæххыл йæ бæсты Судзы ныр æнусон арт. 21
МАД — Курын уæ, æмбæлттæ, курын: Сыстут! Слæуут-ма æнцад! Уый — æрбалæууыд нæ цуры Мард цыппар хъæбулы мад. Мах цагъайраджы къæлæтæй Уæд куы тæрсын кодта знаг, Уый йæ сахъгуырдты сæ каертæй Хæстмæ арвыста фыццаг. — Курын уæ, æмбæлттæ, курын: Сыстут! Слæуут-ма æнцад! Уый — нæ амондхæссæг хур у, Фондз зынгхуысг хъæбулы мад. Батавæм æм, цæй, нæ къухтæ, Райсæм дзы фæндагмæ зынг. Фарн нын тауы уый æдзухдæр, Сафы нын нæ рыст, нæ зын. — Курын уæ, æмбæлтгæ, курын: Сыстут! Слæуут-ма æнцад! Уый — æрбадт фæлладæй дурыл 'Хсæз зынгхуыст хъæбулы мад. Уый фырттæ цыфыддæр хæсты Радтой мах тыххæй сæ цард. Ныр сæ зынг зæрдæты бæсты Тавы мах æнусон арт. — Курын уæ, æмбæлттæ, курын: Сыстут! Слæуут-ма æнцад! Уый — йæ байзæддæгтæм дзуры 22
Авд зынгхуыст хъæбулы мад: — Бацарæфтыд дæн æз хæсты, Знаг мын нал ныууагъта цот. Цард уыл аудæд сæ бæсты, Уый та нын фæстаг хæст фод! 23
НÆЙ ЦÆРÆН ÆНÆ ФÆНДЫРÆЙ ХЪÆУÆН Зкаг ныццавта сыгъд хъæуыл йæхи, Рыст æмæ йæм топпы зынг æрхаста. Сабнйы онг цæрджытæ сæхи Талынг æхсæв хъæды хуылфмæ айстой. Фæндырдзæгъдæг фидарæй зыдта: Иуæн дæр нæ уыдис уым ныллæууæн. «Æз нæ цæуын ардыгæй,— дзырдта,— Нæй цæрæн æнæ фæндырæй хъæуæн». Æмæ баззад. Цыма уыд хæрзгуырм, Бон-изæрмæ уынгты зылд æд фæндыр. Кæд пæ уыдис иу цæрæг дæр уым, Фæндыры цагъд зылд уæддæр йæ фæдыл. Райхъуысти фыдгулы сонт гæрах: Лæджы риуы сау нæмыг ныссагъди. Фæлæ н’ аскъуыд фæндырæн йæ цагъд,— Сармадзанты нæрынимæ стахти. Не ’фсад хъæуæй не знæгты сырдта, Нал уыдис йæ ныхмæ, нал, фæлæууæн. Зæронд ма мæлгæйæ дæр дзырдта: «Нæй цæрæн æнæ фæндырæй хъæуæн». 24
КÆМ ИС МÆ ФЫД? Куы та кæсыс дардмæ, æрбахгæ-ма рудзынг, Æрбад-ма мæ фарсмæ, мæ мад. Мæ зæрдæ мын рагæй æхсидгæ маст судзы, Æмæ мын мæ фарстæн дзуапп ратт. Рæсугъдæй рæсугъддæр куы кæны нæ рæстæг, Нæ нысан у махæн бæлвырд. Нæ сыхæгтæ раджы куы ссыдысты хæстæй, Зæгъ-ма мын: кæм ис уæд мæ фыд? Дзырдтай мын: фæлæуу-ма фæззæгмæ æрмæстдæр, Ныр цалæймаг фæззæг æрцыд? йæ фæд дæр нæ зæххыл куы нал баззад хæстæн, Зæгъ-ма мын: кæм ис уæд мæ фыд? Дзырдтай мын: цъæх-цъæхид куы адарой фæзтæ, Куы ’рцæуой. нæ быдыртæ тыд. Ныр цалæймаг уалдзæг фæдарддæри хаестæй, Зæгъ-ма мын: кæм ис уæд мæ фыд? Куы та кæсыс дардмæ, æрбахгæ-ма рудзынг, Æрбад-ма мæ фарсмæ, мæ мад. Мæ зæрдæ мын рагæй æхсидгæ маст судзы Æмæ мын мæ фарстæн дзуапп ратт...
МАДЫ САГЬÆС Домдта мæ лæгъстæгæнгæйæ цард: Дунейæн куыд раттон æз хъæбултæ. Ссыгътон уын уæ гыццыл риуты арт, Скодтон уын уæ ирд цæстытæй хуртæ. Арв куы нал у сау мигътæй æмбæрзт, Сабыр куы у, тынг сабыр нæ бæстæ. Раджы банцад мах зæххыл фыдхæст, Уæд кæм ыстут, ме ’нхъæлцау цæргæстæ? Хъæуы сæрты фæндæгтæм кæсынц,— Рагуалдзæг цы талатæ ныссагътат, Азæй-азмæ ног дыргътæ хæссынц, Уæд, мæ цот, кæм ыстут, кæм, сымах тл? Уе ’нæкуырд рæсугъдтæ ма ьæуьнц Уымæлдзæстæй абон дæр мæ цурты. О, кæдæй, кæдæйнырмæ лæууынц Ауыгъдæй уæ дзаумæттæ нæ къултыл? Хæст, цы уаргъ мыл сæвæрдтай, цы уаргъ! Бафæлладтæн уыцы уæз хассынæй. Охх, куыд даргъ у цоты балц, куыд даргъ. Æз куы сурс дæн фæндæгтæм кæсынæй. 26
ЧЫЗГАЙÆН ТА УÆЛАХИЗ СХАСТОН Нæ хъæуы стдагсаздзыд лæппутæй Нæ зыдтам иуы дæр тæпп^дай. Æмбæрстлм — хасст К1Й к.ны маргæ, Уæдлæр æм мах цыдыстæм зарьæ. Ныййарæг мадамтæ нæ фæстæ Цыдысты ’нкъард амæ фæлмæстæй. Нæ хъæуы сау рæсугъдтæ къордтæй Нæ размæ уардитимæ згъсрдтой. Сæ рудзынгæй мæчмæ дæр касти Чызгай, цыма мын знагæй тарсти. Йæ сусæг ныхæстæ мæм уынгæй Йæ базыртыл æрхаста дымгæ: «Фæуæд нæ фыдгулы мæ фыдæх, Ды та мын удæгасæй сыздæх!» Чызгайы уадæмдых ныхæстæ Мæнæн уыдзысты ныфс зын рæстæг. Чызгайы хурæмдых цæстытæн Сæ цæхæр тавта мæн хæсты дæр, Æмæ нæ фыдгулы ныссастон, Чызгайæн та Уæлахиз схастон. 27
ОРДЕН Хæсты бонты афтæ дæр-иу уыд: Лæг фæцæф и... Госпиталь... Зын бонтæ... Уый нысангонд Ордснмæ æрцыд, Фæлæ ^æ нæ бакодта, нæ, зо;:гæ. Згъордта рæстæг... Ордсн та кæмдæр Агуырдта æфхæрд салдаты ал’ аз. Згъордта рæстæг... 'Взо1 г салдаты сæр Сæвæрдта йæ къæмисæнтыл халас. Арв ыссыгъдæг... Зæхх фæлгснц æрцыд, Карз хæстæн нæм нал баззад йæ фæд дæр, Орден ма — хъæбатыр лæджы цыт — Агуырдта цæф салдаты гъеуæддæр. Æмæ мæнæ балхъывта йæхи Цингæнгæ йæ хицауæн йæ риумæ. Сдзырдта йæм: «Дæхи дæ;1 ныр, дæхи, Хъуамæ уæм мах алыхатт дæр иумæ». 28
* * Фæцис йæ хæст. Салдат сæхимæ здæхы: Нæ уыд йæ фæндаг рухс æмæ цыбыр. Нæ бауагъта нæ мæсыг уый фæлдæхын, Нæ ныцци уый фыдгулы раз гуыбыр. Салдат цæуы. Салдат сæхимæ здæхы: Кæлы йæ риуæй хорзæхты цæхæр. Йæ размæ уымæн гутонвæд фæлдæхы, Ысдардта зæххæй дидинæг йæ сæр. Салдат цæуы... Салдат сæхимæ здæхы. Уæлахиз æм æппæт ран дæр зыны. Салдат цæуы... Фæллад æнæнцой зæххыл Хъæздыг æмæ рæсугъд уалдзæг уыны. 29
ФИДАУЫНЦ ЗÆХХЫ ХÆРЗТÆ ЛÆГÆЙ Лæг кæсы бæлццонарæзтæй размæ, Уый фæнды цæуын æмæ тæхын. Арвы фæзтæм атæхыны размæ Сахуыр кæны лæг цæуын зæххыл. Ис лæгæн йæ рæсугъд амонд зæххыл, Фидауынц зæххы хæрзтæ лæгæй. Лæг уæларвы быдыртæм куы стæхы,— Зæхмæ йын æнæрыздæхгæ нæй. Дун-дунемæ лæг бæрзонддæр хизы, Зæхх æргомæй стъалытæм кæсы. Зæххы лæг йæ рухс фидæнмæ зилы, Зæххы лæг йæ уæлныхты хæссы. Ницы ис лæгæн зынаргъдæр зæххæй, Скæнæм æй æфсымæрты цæдис, Зæххы иумæ бахизæм бæллæхæй, Уыцы тых æппæт адæммæ ис. 30
АРФÆ Хъуамæ уа зæхкусæг лæгæн ставд цæнгтæ, Зæххы кад бæрзонд сисын куыд фæразой. Раттынц уыдон цъæх æвзартæн ставд зæнгтæ, Нарст æфсирты стыр уæзæй куыннæ тасой. Æмæ мæнæ мæнæуы хуым ацæттæ, Разындысты бон æмæ лæджы фæллой. Зæххæн райгуырд ног æфсиртæ — фаззæттæ, Æмæ цардыл амæндтæ куыннæ кæлой. Æфсиртæ æркъул кодтой сæ бур сæртæ, Зæхх æмæ лæджы къухтæн — сæ арфæтæ. Чи нæ разынд куысты заман дурзæрдæ, Баззадысты уымæн ам йæ арф фæдтæ. 31
УЫДОН МÆ ФАРСМÆ КУЫ НÆ УОЙ Маргъау’рæубазыр æхсæрдзæн, Ставд-зæнг, пæлæхсар бæлас, Сау цæсты хуызæн хъæлæрдзы, Джитъри, хъæбысыдзаг нас, Нарæг къахвæндаг, цъæх кæрдæг, Бур кæрдо, алтъами, цым, Заводы судзгæ цæхæртæ, Быдырты сойæдзаг хуым, Дæтты æнæфæугæ зарын, Уады дæргъвæтин æхситт, Уалдзæджы сау мигъты уарын, Зымæджы урс-урсид мит, Адæмы мидбылты худын, Хъæутæ ’мæ горæтты рæзт, Арвыл сæуæхсиды судзын, Ирд хуры тынты нывæст, Намыс, сæрибар, нæ фæллой, Хион, æфсымæр, хæлар... Уыдон мæ фарсмæ куы нæ уой,— Ма мын уæд иу бон дæр цард. 32
БЫДЫРТЫ ФЫН Ныффæлладысты быдыртæ изæрмæ, Зæхкусæг лæгау арвыстой сæ бон. Мæйрухс æхсæв æрбатылд ныр сæ сæрмæ, Æмæ сæ й’ армы батыхта бæстон. Æруагътой зæхмæ æфсиртæ сæ сæртæ, Хуыссынц... Фæлæ сывæллæттау тæлфынц. Сæхицæн дзурынц мидфыгы цыдæртæ. Уынынц та хуымтæ адджынæй сæ фын. Цыма сты хуымтæ дзагармджын æфсинтæ, Дæттынц, хæссынц нæ адæмæн хæрзтæ. Цыма салдæттау хурæйсыгъд æфсиртæ Цæуынц сæхимæ дард балцы фастæ. Цæуынц... Цæуынц... Æрбадти рыг сæ сæрмæ. Фæлгæсы Хур. Æгæрон арв — сæгъдзæст. Уæлахиздзаутæ уыдонау фæстæмæ Ыздæхтысты сæ хæдзæрттæм фæсхæст... Æрбабон и... Фынтæйдзаг æхсæв ацыд... Сæууон æртæхтæ равдыстой сæхи: Нæ. Нæ... Æфсиртæн дысон уый сæ балцы Фæндаггон лæгау рахъардта сæ хид. 3 Арф 33
БОНМÆ БÆЛЛЫНЦ ЦЪИУТÆ Бонмæ бæллынц цъиутæ. Уæртæ хихджын бæлæстæй Зарæг систой иутæ, Иннæтæ æмхъæлæсæй Бахъырныдтой цадæг, Дирижер дæр сæ нæ хъæуы. Дымгæ хъæдæй зарæг Иемæ айста хъæуыл. Уым хæдзар-хæдзар фæзылд - Æмæ дарддæр атахт: Хъулон-мулон фæзыл Азылд тагъд-тагъд, Суадæттæн фæкодта батæ, Къудзитæн хъæбыстæ Æмæ сфардæг Дидинæгфæлыстæй ( Айнæг хохы тигътæм, Уырдыгæй та — мигътæм. Уыйфæстæ æртæхдзæн Дондыппырæй ардæм Æмæ ратдзæн Зæххæн Музыкæйы ’взартæ. Зарæг уæртæ кæрдæгыл Конд хуыммæ фæцæуы... Уыцы гыццыл зæрдæты Уыйбæрц цин куыд цæуы? 34
ХЪÆУУОН ЗАРÆГ Æхсæрдзæны сæр-сæрæй Нарæг ком ныййазæлыд. Рог дымгæйы пæр-лæрæй Пыхсы æртæх азгъæлыд. Нартхоры хуым чызджытæ Цыргъ къæпитæй барывтой, Æхсыры цыхцырджытæ Хъисфæндырты баивтой. Хосгæрдæджы цæвæгæн Бахъырныдтой уæрццытæ. Тохнайы бур фæздæгæй Хъуысынц арты къæрццытæ. Сыфтæрты сыбар-сыбур Цъæх кæрдæджы аныхсы. Лæбырдты гыбар-гыбур Знæт уылæнтыл атыхсы. Цъиуты цъæхснаг хъæлæстæ Хъæды къохæй райхъуысынц. Даргъ пæлæхсар бæлæстæ Дыргъты уæзæй банкъуысынц. Цæфхæдты æнуд хъæртæ — Ратахти хæххон барæг... Дунейы рæсугъд зæлтæй Рауади хъæууон зарæг.
БУЗНЫГ, ЗÆРДÆ Ды дæ мæ тымбылкъухыйас, Хæссынæн рог æмæ æнцон. Дæуæн нæу баргъæфсынæй тас, Гъеуымæн, æмæ дæ бæлццон. Цæуыс, цæуыс æмæ цæуыс.. Дæ фæдыл хоныс ды мæн дæр. Æххуысæн мæ æдзух хъæуыс, Гъеуымæн, æмæ ды мæн дæ. Кæд мæм ис ныфс æмæ æхсар, Дæуæй мын ысты уæд лæвæрд. Æнæхъæнæй дæр дæн дæ бар, Æмæ мæ сарæзтай цæхæр. Куы бафхæрдæуа дæу рæстæй, Уæд фестын зилгæдымгæ æз. Цæкуыйау фесхъиуын мæстæй, Мæн нал вæййы æппындæр уæз. Фæлæ дæм иугæр цин фæзынд, Уæд фестын иууылдæр цъæх арт. Сæууон сæуæхсидау мæ зынг Фæйнæрдæм апырх вæййы дард. Ды дæ мæ тымбылкъухыйас. Хæссынæн рог æмæ æнцон. Фæлæ дæ цастæ цæуы, цас! Цæйбæрц хæссын у, цæ, дæ бон! Ды риссыс: зæхх нынкъуыст кæмдæр, Йæ цард дзы чидæртæ фæци. Ысуæгъди Корвалан уæддæр, 36
Æмæ ныттыппыр и дæ цин. Ды зарыс: фервæзт лæг рынæй, Нынтъыхта йе уæнгтæй рæхыс. Мæ риуæй йæм ды дæр зынгæй Ныхъхъæбыс кæнынмæ тæхыс. Ды арыс алцæмæн рæстæг, Дæумæ у алцыдæр нымад. Дæу бацыд Райгуырæн бæстæ Æд мæр, æд арв, æд ныфс, æд кад... Æнцон у ахæм уаргъ хæссын, Мæнмæ нæ бауæнддзæн фыдæх. Æрмæст, æрмæстдæр æз тæрсын: Куы ныттаса мæ уæзæй зæхх. Æмæ ма æз зæгъын хъæрæй, Æцæг у, зонут, уый æцæг: Мæ зæрдæ, бузныг дæн дæуæй, Кæй мын дæ, суадонау, сыгъдæг. 37
КУЫ НЫЗЗАРЫ ФИЙЙАУ Куы ныззары фиййау цъæх рагъыл,— Нæ зæрдæтыл сæмбæлы махæн. Йæ зæлтæ йын дымгæ æрцахсы,— Нæмгуытау сæ байтауы фахсыл. Хæххон дидинджытæн сæ сæртæ Фырцинæй ыскалынц цæхæртæ. Æхсæрдзæнтæ азгъорынц тсгьддæр,^ Ысвæййынц сæ базыртæ д;ргьдæр. Йæ зæлтæ куы сæмбæлынц митыл, Уæд бафты хæххон дæтты цинтыл, Ныппырх вæййынц ар:æн йæ ммгътæ, Сæ ихæн æрбайсæфы ихтæн. Куы фестис йæ дзугæн йæ разы,— Уый сисы цъæх кæрдæгыл хъазын... Кæсут-ма, æрдз цинтæ куыд уары! Фиййау та ныццæлхъ кодта зарæг.
МÆ КЪУХ Диссаг у, æвæдза, диссаг: Уадзы алкæмдæр йæ фæд. Ихы уазал къæртт куы сиса, Суадонау æртæдздзæн уæд. Сты æрмæстдæр фондз æнгуылдзы, Ис фынгау сæ астæу арм. Кусынмæ — раст фондз æрцындзы, Арвыдзаг та сæм — æфсарм. Иу сæ иннæмæн — æгъдæнцой, Сты кæрæдзимæ æмбаст. Кусæг зæрдæйау — æнæнцой, Скодтой фидæнмæ сæ каст. Амбæлди мæ къух фыдлæгыл — Айсæд рагацау йæхи. Куыст нæ ныууадздзæн æрдæгыл, Рахъардзæн фæлтау йæ хид. Уæнгты рыст æваст фæсуры, Скæндзæн тар æхсæвæй бсн. Уый куы ныллæмара дуры, 'Ркæлдзæн дзы гуымбылау дон. Зæхмæ уый нæмыг ныппæрста,— Нæмыг фестдзæни æвзар. Иугæр мæры хор нымбæрзта,— Уæд хъæздыг фæззæгыл зар. Никуы алидздзæн уый хуымасй, Агуры, кæм у зындæр. 39
Мидæмæ цы исы, уымæй Адæмæн дæтты фылдæр. Бахъуыди — æрисдзæн хурæн Дзыллæтæн йæ зынг мæ къух. Донæн ацахсдзæн йæ уылæн Æмæ дзы ыссудздзæн рухс. Арвмæ сараздзæн фæндæгтæ,— Ма сыл уа лæгæн кæлæн. Тарстысты мæ къухæй знæгтæ, Кодта сæ хæсты дæрæн. Бахъуыди — уæд арвы стухид, Мæйæ саразид къæлæт... Кæд дæуæн дæр ахæм къух и, Мин-мин азы уæд цæрæд. .40
МАДЫ ХЪÆБЫС Мады хъæбыс — йе ’мбай хурæн, Уый хъызт зымæг дæр у хъарм. Ам райгуырынц, ам хъæбулæн Йе стыр ныфс æмæ æфсарм. Мады хъарм, фæлмæн хъæбысæй Зæхмæ равæрæм нæ къах. Ам гыццылæй дæр фæбырсæм Авдсæрон уæйгуыты мах. Мады хъарм, фæлмæн хъæбысы Скæнæм стъалытæм фæндаг. Ам райдайæм, ам мах мысын Не стыр хъуыддæгтæ фыццаг. Ам райдайæм, ам нæ дугътæ, Ам сæттæм сæ тых зынтæн. Ардыгæй ’вазæм нæ къухтæ Хуры царддæттæг тынтæм. Мах уæлахизæй цыдыстæм, Хæст куы ныссабыр и, уæд. Баззад мады хъарм хъæбыстæн Махыл абон дæр сæ фæд. 41
МÆ ЗАРÆГ Зарæг та мын райгуырд абон, Æмæ срасыг дæн фырцинæй. Зонын: уый хæсдзæни амонд, Никæуыл рацæудзæн хинæй. Уый мæнæн — мæ цин, мæ сагъæс, Уым мæ зæрдæйы ныфс бацыд. Цæй, мæ зарæг, рухсмæ акасс! Æмæ йæ æрвитын балцы. Боны тынтыл стæхдзæн хурмæ, Зæхмæ къæвдаимæ ’ртулдзæн. Уый æрбацæудзæн дæ цурмæ, Демæ хорз хæларау дзурдзæн. Хъæуæй хъæумæ цинтæ уардзæн, Æрдзы тавдзысты йæ зæлтæ. Раст цыма æрцыди уалдзæг, Афтæ срухс уыдзæн дæ зæрдæ. Ку’ айсай демæ уый фæндагмæ, Уый — фæсмоны хос нæ уыдзæн. Ратдзæн дын хъару мыггагмæ, Бирæ хæрзтæ дын фæуыдзæн. Ма йæ ныууадз бадгæ дурыл, Хъуамæ цинтæ кæна уаргæ. Хорз æмбал, дæуæй та курын: Цу йæ, цу йæ, цу йæ заргæ! 42
МÆНÆУ Кæсын æз æфсиртæм: рæсугъддæр Цы уыдзæи уыдонæй зæххыл. Цым? сæ хуылфы змæлы удтæ, Цыма нæ къæбицтæм тæхынц. Сæ уæлæ — адæймаджы цинтæ, (Гъеуымæн ныннæрст афтæ хуым). Нæ зæхх сæм сарæзта йæ синтæ, Науæд ныттасдзæн быдыр уым. Йæ нæмыг æфсирæн рæдау у, Лæг æмæ дзы зæххæй ныфс и. Уый мæрмæ иунæгæй ныххауы, Ысвæййы уыйфæстæ æфсир. Лæг æй зæххы сойæ фæхынцы, Йæ хъарм тынтæй йæ стухы хур. Æмæ цæхæр пецты куы сфыцы — Йæ-дзул уæд уымæн вæййы бур. Мæнæу лæджы фарнæн æрзади, Мæнæу — нæ бæркæдты æлдар. Æмæ йæм уый тыххæй æрхауди Нæ герб рæсугъд кæныны бар.
ТРАКТОР ЛАСЫ ПОХЦИТÆ... Трактор ласы похцитæ дыууæрдæм, Сфæлмæн и хæмпус бæмбæгау хуым, Арæхсгæ, фæрсæй-фæрстæм æвæрдæй Адæмы æвдадзы хос и уым. Кæд нырма сызгъæрин фæззæг дард у, Мыггæгтæ нæма скодтой бынтæ. Дзаджджын бæркад трактористы зарды Разынди парахатæй ныр дæр. Алкæм дæр нæ быдырты, нæ хæхты Уалдзæгæн зыны цъæхæй йæ фæд. Трактортæн куы хъырной иумæ мæргътæ, Бæркад тугыл аскъуыны гъеуæд. Н’ алыварс зæххытæ ’мæ зæххытæ... Уыдон сты нæ царды хос, нæ хуын. Похциты дæргъæй-дæргъмæ хæххытæ Раст цыма нæ къæбицтæм цæуынц. 44
УАЛДЗÆГÆН ЗЫМÆГ ФÆКУЫСТА Зымæгæн зæхх уыд йæ арынг,— Тьæнджы мæйы дæр нæ басыд. Зымæджы уыйбæрц фæуарыд,— Зæххæн ныттасынæй тас уыд. Саумæр сыгъдæг дон фæнызта, Арвыл нæ фæхудт йæ зæрдæ. Уалдзæгæн зымæг фæкуыста, Уалдзæг та кусы ныр сæрдæн: Сфæлдæхта уайтагъд уæйгуытау Зæххæн йæ мидæггаг хъарммæ. Банорста хоры нæмгуытæ Мæры бæркаддæттæг армы. Гъестæй сын уидæгтæ ратдзæн, Дзурынмæ та сын — мæлгъæвзаг. Иуафон кардау ысфаддзæн Зæххы хæмпус буар цъæх æвзар. Сыстдзæни нæмыг, ыслæудзæн, 'Ркæсын кæндзæни йæхимæ, Уалдзæгæй сæрдмæ æрцæудзæн Ставд æфсир æмæ зæнгимæ, 45
БОНЫ ЛÆВАР Æнхъæлмæ кæсынц иууылдæр цæмæдæр, Цыдæр лæвар сын ракæндзæни бон. Кæсут-ма уæлæ! Сау мигътæ кæмæндæр Æрбахæссынц сæ дымст гуыбынты дон. Кæрæдзи ’вдæрзынц. Акалынц цæхæртæ. Зæххон цæрджытыл анхъæвзы сæ хъæр: «Эй, эй! Рæстæгмæ бамбæхсут уæ сæртæ, Миййаг мæ дон куы фемæхса æгæр! Сымахмæ дзурын, цъæх быдыртæ, тыкгдæр: Уæ дзæкъултæ æрцæттæ кæнут цырд. Æрæхсон уын уæ зайæгойты рыгтæ, Æмæ сын мадау бадарон æхсыр!..» Æвиппайд’ уæлæ арвы хуылфæй зæхмæ Цыхцырау ратахт хуры тынтыл дон. Хъæрмуст къæвдайы фæрдгуыты сæх-сæхмæ Кæсы, кæсы йæ мидбылхудгæ бон. 46
ЗÆХКУСÆДЖЫ НЫХАС НЫВГÆНÆГИМÆ Мæ ныв мын ды искуы куы кæнай,— Мæ къухы мын сæвæр æфсир. Мæ цæстытæй рухс тын куыд кæла, Куыд дзы кæна кусгæ бон ирд. Мæ къахвæдтæ зæххыл куыд зыкой, Куыд уадзой мæ фæстæ фæздæг. Дæ конд нывы адæм куыд уыной,— Кæй ацыди ацы ран лæг. Куы ныв кæнай арвы мæ сæрмæ,— Цъæх-цъæхид æй ма скæн бынтон. Æрцауындз ыл мигътæ, мæ мæрмæ Фæхастой гъеуыдон дæр дон. Мæ хуым мын куы ’вдисай мæ разы, Æркæс-ма-иу уырдæм дзæбæх: Мæ тыллæджы уæзæй ныттасыд, Кæм кусын, гъеуыцы ран зæхх. Фæнды мæ, дæ нывы куыд тула Мæ сæрмæ цæхæркалгæ хур. Мæ хуымтæ мын уый кодта дзулау Йæ тынтæй хæмпус æмæ бур. Æз ницы æмбæхсын æвæрдæй, Нæ дарын æз ницы æхгæд... Куы нывæрай нывы дæ зæрдæ, Мæ зæрдæ дзы разындзæн уæд, 47*
ХОРЗ ЛÆДЖЫ ЦÆСТЫТÆЙ 'Взæр лæджы кæстытæй Дардмæ лидзæм, дардмæ. Хорз лæджы цæстытæй Амонд кæсы цардмæ. 'Взæр лæгæн йæ къухтæ Ахуырст ысты хинтæй. , Хорз лæгæн æдзухдæр Дзаг йæ зæрдæ — цинтæй. 'Взæр лæгæн йæ фарсмæ Й’ аууон дæр ыстыхсы. Хорз лæджы ныхас мæм Зарæгау фæхъуысы. 'Взæр лæгмæ æфсармæй Не ссардзынæ мур дæр. Хорз лæгæн йæ армæй Бахъарм уыдзæн хур дæр. 'Взæр лæгæн йæ фæндтæ: Ардыд æмæ сайын. Хорз лæгæн йæ фæдтыл Дидинджытæ зайынц. 'Взæр лæгæн æппындæр Нæй æгъдау йæ уагæн. Хорз лæджы мæрдты дæр Лгурынц сыхагæн.
АФТÆ ДЗЫ УЫДЫСТЫ АДÆМ Хуым, дæхицæй ма ’ппæл раздæр, Ам ды не ’рцардтæ фыццагдæр. Цъæх æвзар нæма ’рцыд ардæм, Афтæ дзы уыдысты адæм. Дидинæг, дæхи ды ма стау, Зонæм, фæзæн худыс й’ астæу. Ды нæма æрцыдтæ ардæм, Афтæ дзы уыдысты адæм. Дон, дæ уылæнтæй цы ’ппæлыс? Зонæм, быдыртæм кæй кæлыс. Ды нæма æрцыдтæ ардæм, Афтæ дзы уыдысты адæм. Хур, дæ тынтæй ком ныррухс и, Уымæл зæхх дæуæй ныххус и. Ды нæма æрхызтæ ардæм, Афтæ дзы уыдысты адæм. 4 Арфæ 49
ТЕРКÆН Терк, лæгау æнкъарыс, Ис дын, ис зæрдæ. Иудадзыгдæр уарыс Зарæджы зæлтæ. Размæ дæхи тоныс, Нал лæууыс зæххыл. Ды цæргæсау зоныс Айнæгæй тæхын. Хуры тынтæ ахсыс, Лзæлы дæ хъæр. Хохы уазал фахсыл Бакалыс цæхæр. Д’ авналæнтæ хæхты Не сты, нæ, дæ фаг: Быдыр дын уæрæхдæр Байтыгъта фæндаг. Хуымтæ æмæ мигътæн Царды хос дæттыс. Къул бæлæсты хихтæн Акæныс хъæбыс. 60
ХУР ЙÆХИ НАЙЫ Мигъы цъупп дæр нал баззади арвыл, Дунейыл фæуæлахиз и рухс. Хур йæ хъармæй аууæттæ дæр тавы. Уæлдæф иу æртахы онг ысхус. Бæстæ скъæй и. Бæстæ тæвдæй судзы, Нал у тæвды хурæн дæр йæ бон.— Баленк кодта арвы сатæг фурды, Æмæ ракалд былгæрæттæй дон. Уайтагъддæр тыппыр æртæхтæ зæхмæ Хуры тынтыл рауагътой сæхи. Хъарм къæвдайы циндæттæг сæх-сæхмæ Дарын æз сывæллонау мæхи. ^1
ЦÆУГÆДОН ДÆР ФÆЛЛАЙЫ Цæугæдон дæр фæллайын зоны. Уый фæззæг нал вæййы тæлтæг. Фæйнæрдæм нæрдæй зæхх фæтоны, Ысвæййы уый та уæд мæллæг. Йæхи уый сæрды хуымтæн ратты, Лæгау йæ зæрдæ у уæрæх. Куы хъæуа — суадздзæни дæс хатты Йæ дойны уый уымæлæй зæхх. Æмæ та ног куы ’рцæуа уалдзæг, Куы фæзына йæ хуыммæ лæг. Уый царды хос нæ зæххæн уардзæн, Гъестæй та улæфдзæн зымæг. 52
УÆД МÆНÆН ÆНЦОНДÆР У ЦÆРЫН Цардæй бирæ, бирæ хæстæ дарын, Стыр уаргъимæ уымæ æз цæуын. Æз мæ фарсмæ дæу æдзух куы ’нкъарон, Уæд мæнæн æнцондæр у цæрын. Æз мæхи хæххон дымгæйыл барын, Риуæмбæрцæй фæндæгтæ гæрдын. Æз куы хъусон алыбон дæ зарын, Уæд мæнæн æнцондæр у цæрын. Лæг бæркæдтæ алкæддæр куыд хæсса, Уымæ хъæуы алкæйдæр тырнын. Ды мæнмæ дзæбæх цæстæй куы кæсай, Уæд мæнæн æнцондæр у цæрын. Хъуамæ худа лæг æдзухдæр хурау, Тава уыйау адæмы йæ тын. Ды мæнмæ рæсугъд дзыхæй куы дзурай, Уæд мæнæн æнцондæр у цæрын. :$з
УЫМÆН СТЫ ЙÆ БАР Къахвæндаг — къæдз-мæдзы, нарæг, Дардмæ нæу бæрæг. Уæлæ йыл фæхæссы зарæг Цæвæгимæ лæг. Дурты сæрты дон æнтъухы Уылæнтæ цæрдæг. Бахъуаджы сахат йæ къухыл Уыдон стухид лæг. Къæдзæхтæ æндзæвынц арвыл, Сæвæрдтой йыл цæг. Бахъуаджы сахат йæ армы Уыдон сисид лæг. Мигъ ныббадти хохы фахсыл, У цыма фæздæг. Бахъуаджы сахат æрцахсын Базоидзæн уый лæг. Дымгæ не ’рбацыд хæстæгмæ: <чНæй, дам, мын рæстæг». Бахъуаджы сахат фæстæмæ Раздахид уый лæг... Арвы онг фæцæуæг хæхтæн Се ’хсæн лæг — къуыбар. Фæлæ ацы стыр хорзæхтæ Уымæн сты йæ бар. 54
НÆ КОМБАЙНЕР УЫНАТÆ Фæбæллы дæм мæ зæрдæ, Фæфæнды йæ — уына дæ. Æгасæй дæр цæхæр дæ, Нæ комбайнер Уынатæ. Ныррухс вæййынц нæ хæхтæ: Куы ракæсыс дæ уатæй, Нæ чызджыты дзæбæхдæр, Нæ комбайнер Уынатæ. Куы рацæуыс уæ уынгмæ, Нæ комбайнер Уынатæ, Фæкæнынц уæд дæ уындæй Нæ лæппутæ «æрратæ». Нæ адæмæн ды уарыс Нæ быдырты хæзнатæ. Дæ фырцинæй ныззарыс, Нæ комбайнер Уынатæ. 55
ФÆСТАГ УЛÆФТ Хъахъхъæнæгау дыргъ бæлас лæу^ыд, Дымгæтæ ’мæ уарынтæн фæрæзта. Иу æнус йæ райгуырæн хъæуыл Уый йæ дыргътæ адæмæн фæуæрста. Ирд арвмæ йæ быцъынæг тыдта, Алырдæм уый ивæзта йæ цæнгтæ. Сæрд-иу уый йæ хъæубæстæм дзырдта: <;Иацæут, мæ адджын дыргъ ысцæттæ!» Бонджынау нæ ныттыппыр йæ дзыпп. Иу дыргъ дæр нæ ныууагъта йæхицæн... Иуафон фæцыд æваст йæ гуыпп,— Сау мæрæй æд уидæгтæ фæхицæн. Кæртмæ ма зæрондæй дæр æр ;ыд. Пецы хуылфы удæгасау стæлфыд. Уымæи уый йæ фæстаг улæфт уыд, Фæлæ дзы æнæхъæн хæдзар стæвд и. 56
МÆ СЫХАГ Хорз сыхаг мын ис, æмбæлттæ, рагæй,— Даргъкъалиу, рæсугъд фæткъуы бæлас. Хъахъхъæнынц мæ рудзгуытæ уый уадæй, Хус рæстæг ын ницæмæй у тас. Рагуалдзæджы дидинæгдон фесгы, Не ’фсæды йæ рæсугъд уындæй цæст. Й’ адджын тæфмæ æз уæнгрогæй фестын, Рацæуын æм мидбылхудгæ æз. ^Мæргътæ ардæм балгæйттæй æртæхынц,— Ллырдæм сæ зарджытæ хæссынц. Сыфтæртæй мæм райсомы æргæхы Ирд цæстытау стъалытæ кæсынц. Уымæн ис æвдадзы хос йæ къухы,— Сты йæ цæнгтæ зæххы сойæ дзаг. Арæхсгæ йæ дидинджыты стухы,— Бур фæткъуытæ алы аз нæ фаг. Уый поэтау афоныл нæ хуыссы, Кадджытимæ уый ысси лымæн. Алы ’хсæв йæ сыфтæртыл кæй фыссы, Уыдон боны радзуры мæнæн. Хуры тын йæ дидинджыты хъазы, У æдзухдæр адæммæ йæ каст... Кæд, миййаг, мæ хорз æмбал, мæн уарзыс, Уæд мæ фæткъуы бæласы дæр уарз! 57
Уый зымæг дæр й’ аив хуыз нæ халы, Сæрд æфсады уымæлæй уый зæхх. Фæззæджы йæ бур сыфтæ æрхалы, Уалдзæджы куыд адарой сæнтцъæх. 53
УАЛДЗÆГ Уалдзæджы царддæттæг тынтæ Быдырты суæгъд кодтой митæй. Уммæл уыдзысты ныр хуымтæ Хорыгуыстгæнæджы хидæй. Зæххæн хуымгæнæг æвзæрста Тауинаг ас æмæ кондæй. Мæры цы нæмыг нымбæрзта,— Райсом фæлгæсдзæн бæрзондæй. Фæззæджы кæд æмæ хуымæн Аскъуыны тугыл йæ тыллæг.— Рахæсдзæн йе стыр кад уымæн Флрны тырысайау дзыллæ. 59
ÆРЫСКЪÆФ Ракæны нын цъæх уалдзæг лæвæрттæ, Саразы нын гагатæй фынгтæ. Мæнæ та æрыскъæф дæр ысцæттæ, Кæрдæджы æрзад цыма зынгтæ. Ма сыл ныллæуу. Ма сыл ныллæуу, ма кæ! Басудздзæн сыл, басудздзæл дæ къах. Нæ фæлæ сæ атайынæй хъахъхъæ, Зæхх æмæ сæм Хуры сой фæтагъд. 60
ÆРДЗ, ДАМ, АЛЦЫДÆР ÆНКЪАРЫ Дзурынц: æрдз, дам, алцыдæр æнкъары, Куы фæкæны худгæ, куы æрхæндæг. Боныскастыл къæдзæхтæ куыд зарынд — Алы райсом фехъусæм нæхæдæг. Зоны, дам, рæудымгæ дæр æнкъарын, Куы фæкæны цинтæ, куы та — бустæ. Уый лæджы кæмфæнды дæр ыссары, Батæн йын ыссырх кæны йæ рустæ. Дидинæг лæджы зæрдæ æнкъары, Иемæ куывдты, чындзæхсæвты бады, Уын йæ сыфты адджын уæлдæф дары, Æмæ дзы йæ хæлæртты æфсады. Зоны, дам, дыргъбæлас дæр æнкъарын, Дои йæхицæн хурджын рæстæг куры. Адæмæн йæ рæгъæд дыргътæ уары. Таурæгътæ фæндаггон лæгæн дзуры. Зоны, дам, сæуæхсид дæр æнкъарын. Райсомæй сырх цæсгомæй ыскæсы. Рæстæгæн йæ хурджын бон æвзары, Хьæлдзæгдзинад адæмæн æрхæссы.
* * * Искуы дæ уæнгты куы бацæуа уазал, Хъæлдзæг зарæг-иу дæхинымæр азар,— Бацæудзæн уайтагъд дæ къабæзты хъгрм, ( Райсомæй худгæ хур хохæй куы скæса, Адæмæн райдзаст бон йемæ куы ’рхæсса,— Бадар-иу, бадар йæ тынтæм дæ арм. Дидинæг — алцы йæхимæ æлв:саг, Кæд æмæ искуы дæуырдæм нæ таса,— Макуы йæм бацу æртонынмæ уæд. I Хурау йæ цæсгом æргом у чызгайæн, Иугæр йæхицæн дæу н’ агуры къайæн,— Ма кæн уæд, ма кæн йæ зæрдæмæ фæд. I Бæлас зæрдæхæлар лæгау рæдау у, Зоныс æй сабийы хуызæн рæвдауын,— Ратдзæн дын, ратдзæн æнæвгъау йæ дыргъ. Адæймаджы дзых зæрдæйæн йæ дуар у, Гом æй кæд хъæуы, уый зонут, æмбарут,— Цæсгом нæ кæндзæн æфсæрмæй уæд сырх. 62
ДЕНДЖЫЗМÆ КÆСГÆЙÆ Кæсын æз дснджызы уылæнтæм: Кæрæдзи ногæй-ногмæ ивынц. Кæсын æз денджызы пырхæнтæм,— Æвзист æртæхтау мæм æрттивынц. Нæ мæ фæнды, куыд уон медузæ, Гыццыл уылæн дæр мæ куыд уза, Фæнды мæ айнæг уæвын доны, Ныхмæ æрлæууын дæр уый зоны. Ызмис уæвын дæр мæ нæ фæнды, Уый сæфы денджызы æрфæнты, Уый денджыз й’ армы ’хсæн æвдæрзы, Куы йæ йæ уылæнтæй нымбæрзы. Йæ тых ызмисæн ис чъыримæ, Чъыримæ фидар уый нындæдзы. Чъыримæ денджызы гуыримæ Уый зоны айнæгау ысхæцын... Кæсын æз урсбарцджын æврæгътæм: Сæ тых кæрæдзиуыл æфтауынц. Фæстæмæ айнæгриу къæдзæхтæй Пырхытæй денджызмæ ныххауынц... 63
* Цард ис хуры ирд цæхæрмæ. Æз фæкомкоммæ дæн дурмæ. Уый дæр ма йæхи цæхгæрмæ Ауагъта тыппырæй хурмæ. Хурмæ атасыди кæрдæг, Хох æм сарæзта йæ рæгътæ. Хурмæ æхсæрдзæн ысцæрдæг. Рагæппытæ кодтой мæргътæ. Лæг æнæ хурæй нæ лæууы, Дары ирд тынтæм йæ къухтæ. Лæг йæ фидæнмæ фæцæуы Хуры ирд тынтæ ыздухгæ. 64
ФÆНДАРАСТ Дымгæ, тынг хорз та фæкуыстгй: Бафсæстæн дæ батæ ’мæ хъæбыстæй. Замманайы хорз уыд, замманайы, Цыма уыдтæн абанайы, Уыйау сдæн уæнгрог, Бафтыд тых мæ тыхыл, Ссырх ысты сæуæхсидау мæ рустæ, Сбадт цæппузыртæ мæ ныхыл... Ехх, æмæ та иунæг сахат ног, Нæ, сахат цæмæн? Æнустæм Ахæм хъарм хъæбыстæ бапзэр, Фест дæ уацар, Фæлæ иунæг æз нæ дæн, Æмæ нæй гæнæн... Дымгæ фæндаджырдæм а аст... У фæндараст! Хур мæныл æрбатыхта йæ тынтæ, Нал уыди мæ бон тæлфын дæр, Рахъардта мæ хид мæ синтæй, Фервæзтæн тыххæй йæ цинтæй, Фæлæ ма мæ рустæ дудынц, Калынц цæстытæ цæхæртæ, Æмæ худын Агуры мæ зæрдæ. Æз бынтон ысног дæн, Млргъ дæр нæу мæнæй уæнгрогдæр.
Бафæлдæхтон æз мæ дыстæ... Ехх. æмæ та хуры ног хъæбыстæ... Фæлæ иунæг æз нæ дæн, Æмæ нæй гæнæн... Хур йæ даргъ фæндагыл араст... У фæндараст! Донæй мæм æртахти зарæг. Цыма у мæ мад-ныййарæг, Уыйау мыл йæхи ныттыхта, Цины тынтæ мыл ыстыхта. Байдзаг и мæ зæрдæ Диссаджы æнахуыр зæлтæй, Сабийау ысрог дæн, Дидинæгау сног дæн, Атæхынмæ хъавын, Æмæ мæм æрцыди кафын, Бафæлдæхтон æз мæ дыстæ... Эхх, æмæ ма зарæджы хъæбыстæ... Фæлæ иунæг æз нæ дæн, Æмæ нæй гæнæн... Дон йæ даргъ фæндагмæ акаст.. У фæндараст! Æз ныффыстон райсомæй æмдзæвгæ, Уьш нæ бонæн у мæ хуын. Зæххыл нал кæны йæ фырцинæй æндзæвгæ, Уый фæнды тæхын æмæ тæхын. Уымæн сабийы хуызæн нæ цардмæ Нæ, нæ уыд йæ фæзынын æнцон. Рахызти уый рухс дунемæ артæй Æмæ сси æвиппайды бæлццон. Алæууыд мæ размæ Арæзтæй, фæлыстæй Æмæ мын кæны йæ даргъ фæндаджы размæ Батæ ’мæ хъæбыстæ. 66
Ницы ис хъæбулы батæй адджындæр, Уый хъæбыстæй хъармдæр, Уый цинтæн гъеныр дæр æмæ раджы дзер Тынг къуындæг уыд арз дæр. Цæй, æгъгъæд у ныр хъæбыстæн, Æмæ загътон æз мæ фыстæн: Хинæй макуы рацу. Ма сай. Адæмы зæрдæйы баззай. Уым дын кæд нæ уа бынат, Схæцæд дыл гъеуæд хъуына... Ме ’мдзæвгæ мæм мидбылхудгæ ракасг... У фæндараст! 67
ФÆНДАГ Нæ размæ — иунæг фæндаг, иунæг, Хъысмæтæй нын у амынд. Цæуынц ыл иумæ Рæстдзинад æмæ Амонд, У топпы фатау р:ст. Æнæуынон ын сты хæстытæ, Æмæ йæм сарæзтой сæ каст Æнæхин, арфæйаг цæстытæ. Цæмæй уа рухс, Цæуынæн — хус. Зæрин хур æм йæ ирд тынтыл æрцыд, Рæстдзинад æмæ Амондæн Сæ дæлæрмттыл хæцы, Æмæ сын нæй сæ кæрæдзийæ атонæн. У иу сæ нысан, Иу — сæ хъысмæт, Зынынц æнæхъæн дунемæ сæ фæдтæ, Сæ сæрмæ иудадзыг фæйлауы Сæуæхсидхуыз тырыса Æмæ йæ цæхæр Зæххыл тауы. Кæмæн тæлфы æцæг зæрдæ йæ риуы, Рæстдзинад æмæ Амондимæ хæрды Æрлæууыд зиуы, Сыгъдæг цæсгомæй фидæнмæ лæгæрды. Уый иугуырæй дæр мах у. Йæ кæрон дæр нæ зыны. Даргъ у. Цыма у уый та? Ног фæндаг?
Кæцæй фæзынд?.. Æмæ цæмæн?.. Цыдæр къуындæг... Æнæуаг... Йæ размæ — иууылдæр кæлæн. Иæ сæрмæ дондымсг мигъ æртыхст, Цæстысыгау æртæхтæ згъа 1Ы. Сæг-мигъты хуры тын нынныхст, Æмæ йæ алыварс нытталынг. Кæс-ма йæм, кæс: æрбайсæфы æваст, Дыууæрдæм залйаг калмау тасы. Кæцæйдæр райхъуысы цъæхахст. Кæцæйдæр уыг ныууасы. Æндæр фæндаг у, уый, æндæр. Йæ удæнцой — æндæрг, Йæ хъалагъур та — сындз. йæ уæлæ хибæрттæй цæуынц Мæнгард æмæ Фыдæх. Сæ иу у иннæмæ фыдæх, Сæ иу дæр, иннæ дæр мæьтард, Кæрæдзийæ тæрсынц, æмбæхсынц, Нæ сæ æндавы иу ранæй дæр арт Æмæ кæнынц гæртт-гяргг, æргъæвсынц. Сæ дыууæ дæр — хъыры; ъи, Сæ фæдджитыл ныйичъи æнæраздæхгæ хъонц, Æнæкæрон та у сæ монц.. Цæуынц, цæуынц хъуызгæ Мæнгард æмæ Фыдæх, Сæ къæхты бын нызгæ, Ныллæхъир зæхх. Ныйисты фырхинæй гуыбыр, Сæ фæндаг — мæнг æмæ цыбыр. 69
ХЪРИХЪУППЫТÆ Æрбалæсынц бæзджын мигътæ дзыгъуырæй, Фæззыгон дымгæ уазап тæ|) >æ_сы. Хърихъуппытæ цады был — дзыг,ырæ;'|, Кæрæдзийы цæстæнгдсæй фæр:ынц: «Куыд у, дæ хъару бйуыдзæн ы.тæхын? Æви тæрсыс тæппуд мсргъау зыкæй? Æрдæгфæндагæй нал уыдзæни здæхæн, Æгæрон фурд æхсиддзæни 6ынзей, Дыууæ æмæ æртæ хатгы нæ размæ Нæ сыстдзæни фæздæгæмхæццэе уад..» Сæ иуыл дæр сæ тасдзинад нæ базмæлд, Лæууыдысты тæхынæввэгг æнцад. Сæ раздзог сын фæстаг ныфсытæ радта Æмæ фæтъыста дымгæйы йæ сæр. Фæцарæзтой сæ бырынчъытæ фаттау, Сæ фæстæ стахти базырты пæр-пæр. 70
ХÆДТÆХÆДЖЫ ФЫСТ ÆМДЗÆВГÆ Лæджы зæрдæйæ ратахт зарæг — Йæ цин, йæ бæллицты æнкъарæн. Æмæ цæмæй уа уый тыхджьндæр, Хъæуы йæ уый тыххæй хъырнджытæ. Æмæ æрбамбырд ысты адæм, Сæ фарсмæ слæууыдысты хъæдтæ. Р»æ Зæххы тугдадзингыл ардæм Сæ уылæнтæ æрхастой дæттæ. Æрбарвыстой хъырнынмæ хæхтæ Сæ цъититæ, дымгæтæ, кæрдæг. Тæхынц зæххы кæрæттæй мæргътæ... Æнæхъæн дуне дæр ысцæрдæг, Æнæхъæн дуне дæр ысцыбæл, Уæларвон стъалы дæр ма сæмбæлд. Куыд æнцон у, кæсут-ма, Зæххæн. Йæ хъæлæс бамыр и фыдæхæн. Тæхы сыгъдæг зæрдæйы ’ккъарæн. Зæххы къорийæ у дынджырдæр. О, бузныг. Стыр бузныг дын, зарæг! О, бузныг. Стыр бузныг, хъырнджытæ! 71
МÆ АБОН МЫН ДЗУРЫ Мæ абонмæ кæддæр Æвзонг цæстытæй кастæн, Дзырдтон-иу хинымæр: уæддæр Куыд дард у, уастæн. Æмæ дæн мæнæ ныр йæ рззы, Йæ хæд фарсмæ æрбадтæн. Бырыдтæн æм цыма мæ фазыл, Кæнæ йæм дугъы уадтæн. Мæ рацыд фæндагмæ кæсын: Фыццаг мæ ныхыл иу æнхъырд фæзынд, Гъестæй йыл афæдз Æфтыди ауæдз, Мæ къæмисæнтыл халас Хылд сæры цъупмæ ал’ аз, Ныр урс-урсид уый дары, Æмæ йæм хуры цъенга дæр нæ хъары... Мæ абон мæм хæларау дзуры: — Ныххатыр кæн, фæлæ дæ курыи, Дæ фæллад суадз, Дæллаг галау фæкуьхтан Æмæ ныр, уадз, Дæ къухтæ сулæфой сæ рыстæй. Нæ дæ хъаст кæны зæхх, Фæцыдтæ йыл рæсугъдæн, Дæ хидæй нæу нæ мæр æдзæхх, Æхсырф æмæ дзæбугæй Нæ бæркад кодтай дзагдæр, 72
Фæлæууыдтæ йын дзагдар Æмæ йын йе стыр кæхцмæ уагътай амонд, Ныййарæг мады ’хсырау æй уый нозта. Дæ лæггаддзинад суагъта абон Хорз тау. Кæс-ма дæ къахвæдтæм, куыд зынынц, Кæлы ныр дæр сæ фæздæг, Цыма сæууон хуры тынтыл Цæуынц дæ фæстæ. Дæ зарæджы мыртæ Къæвдайы ’ртæхтау хаудысты Хъæрмустæй мæрмæ. Дæ зарæг зæххæн ауыгъдæй ныр дæр Дзæнгæрæгау лæууы йæ сæрмæ. Куы йæ фæцагайы рæудымгæ,— Ныййазæлы уый тынгдæр. Дымгæйæ та нæ кæнæм цух, Æмæ дæ зарæг зæлдзæня æдзух. Æппæт рæтты йæ байтыгъта цæхæрау, Нæ йæ уадзы уый уæгъд, Дæ цæстæнгасæй стыр бузныг у Зæхх, Æмæ тæлфы Зæрдæйау, Зымæг æм батавæн нс къухтæ, Нæ бонæн та ыскæнæн рухсдæр. Дæ къухтæ та? Сты Гимны аккаг уыдон, Сæ хорздзинæдтæн дуне — ’вдисæн. Нæ заводты хæтæлтау уыдон Зæхх фидæнмæ æвдисдзæн... — Фæхъуыстон дæм, мæ абон. Раст дæ. Æз дæр дæ азтæм кастæн. Куыстон сæ намысыл, рæсугъдыл. Фылдæр куы скодтанн, тæхуды. Кæй мыл тыхсыс, дæн уымæй бузныг, Фæлæ нæма хъæуы сыпæллонау мæн узын. Мæ зæрдæ нæу æнцад бадыныл ахуыр Æмæ тæрсын, куы фæуа къахыр. 73
Йæ кусынæй нæ ныллæудзæн тыххæй дæр, Цæудзæн нæ фидæнмæ хæстæгдæр. Мæ фæллад суадзыны тыххæй та Мæ дзуапп зæгъдзынæн æз фæстæдæр. 74
ÆХСÆРДЗÆН Диссаг у, диссаг æхсæрдзæн: Ие ’взист уылæнтæ æппары. Царддæттæг æртæхтæ æрдзæн Хорз лæгау иудадзыг уары. Чи дзы баназа — зæрсндмæ Фæцæрдзæн, фæцæрдзæн. Хъал у йæ уындæй, йæ кондæй Æхсæрдзæн, æхсæрдзæн. Цъитийæ гуыры æхсæрдзæн, Хуры хæрдгæ тынтæ ахсы. Мигъы æхсæнты æртæхдзæн, Уыйфæстæ фесхъиудзæн фахсыл. Уый дыл дæ фæндагыл дзагæ.1 /Гмбæлдзæн, æмбæлдзæн. Хæхтæн сæ фидауц у рагæй Æхсафдзæн, æхсæрдзæн. Къæдзæхты суадон, æхсæрдзæн, Ма кæ æнæ мах æрхæндæг. Ардæм мæ уарзон æрцæудзæн, Зоны уый, зоны мæ зæрдæ. Дпдинæгау уый дæ разы Æрлæудзæн, æрлæудзæн. Уый дæр дæ ме ’мхуызон уарзы, Æхсæрдзæн, æхсæрдзæн. 75
АЙС АЛÆ ЗАРÆГ ДЕМÆ Зонын: уарзыс хъусын ды мæ зардмæ, Дæу фæфæнды балцы цæуын мемæ. Ныр цæуыс, цæуыс æнæ мæн дардмæ Æмæ ахæсс, айс мæ зарæг демæ. Дæу мæ зарæг батавдзæн фæндагыл, Хъахъхъæндзæн дæу тымыгъты æдзухдæр. Ды цæуын куы нал фæразай рагъыл,— Аваф иу мæ зарæгмæ дæ къухтæ. Ды куы кæнай искæд бон æрхæндæг, Къахвæндæгтæ хатгай вæййыпц нарæг, Фсндзынæ йæ, фсндзынæ дæхæдæг, Развæд дын куыд айгæрддзæн мæ зарæг. ’М
ДÆ КЪУХТЫ ХЪАРМ Æз тæдзынæгæй ихы къæртт æристон, Уый зымæгæн йæ хъæбысы ныссапд. Мæ къухты хъармæй фестад их æвзист дон,— Рæсугъд фæрдгуытæй салд зæхмæ æркалд. Æмпылд дидинæг доны был ыссардтон, Уый æрдзы цинтæй нал зыдта рæ:дыд. Мæ къухты йæ æргъæвст цъиуау фæдардтон, Фæстæмæ та йæм рагуалдзæг æрцыд. Сызгъæрин хуры ирд тынтæ æрцахстон, Æмæ сын радтон æз мæ къухты хъарм. Хур, уыцы хъарм чызгайы къухтæй райстон, Ды та йæ ракæн дунейæп лæвар! .77
АВД ХОЙЫ ЗАРÆГ Азæлд нæ фыдæн йæ зарæг, Таняйæн скодта хъæугуысд. Фæлæ куы райгуырд Тамарæ, Бахъынцъым кодта нæ фыд. Загъта: «Уыдзæни мын аннæ, Зонын, æнæмæнгдæр, фырт». Уалынмæ райгуырди Аннæ, Катайы бацыд нæ фыд. «Чызджытæ, ут нын цæринаг, Иунæг æфсымæр сæ хъуыд». Уалынмæ райгуырд Маринæ, Йе ’ннæ хо Наташæ уыд. Бирæ нæ рацыди, бирæ, Уалдзæг йæ тæмæны уыд, Бинонтыл бафтыд Зæирæ, Цавддурау фестад нæ фыд. Иунæг фырт цæстæй куы фена — Скæндзæн ын ардхæрæн цыт. Уалынмæ райгуырди Женя, Адæммæ нал каст нæ фыд... Ныр ныл æрхъæцмæ нæ лæууы, Дары нын йе ’взагыл мыд. Абон у махæн нæ хъæуы Лæгтæн сæ хъалдæр нæ фыд. 78
АФТÆ ТАГЪД КÆДÆМ ЦÆУТ? Ног нæ фембæлæн бынаты сæмбæлдтæн, Разынд мæм нæ бандонæй сырх сæрбæттæн. Мах бæсты уым ног уарзæттæ бадтысты, Уыдон нын нæ уарзт æндæртæн ратдзысты. Не ’хгæны нæ къахвæндаг цъæх кæрдæгæй, Махау ыл цæуынц æндæртæ хъæлдзæгæй. Ам цæрынц нæ хъарм ныхæстæ абон дæр, Фидæны æвзонг уарзæтты амондæн. Дидинджытыл федтон æз дæ цæстæнгас, Сыфтæртæй мæм райхъуысти дæ буц ныхас. Ам мæнæн фыццаг хатт загътай: уарзын дæ, Бакодтай мæ сонт зæрдæйыл базыртæ. Ардæм-иу куы тагъд кодтон фылдæр рæстæг, Уый мæ царды уыд тæккæ хуыздæр рæстæг. Азтæ, азтæ, афтæ тагъд кæдæм цæут? Уыцы афон мидбынат куыннæ лæуут? 79
УÆД ДÆ ТЫХДЖЫНДÆР УАРЗДЗЫНÆН Хæххон фæндаг, кæд къулау дæ, Æз дыл уæддæр ысхиздзынæн. Чызгай, сызгъæрин хурау дæ Мæ фæлмæн армы сисдзынæн. Цы кæсыс, дымгæ, мæсчъытæй? Æви дæ хъару асасти? Чызгай, дæ фæлмæн цæстытæй Мæнмæ мæ амонд ракасти. Хæххон рагъæн хæрзæнцонæй Ныккæрдæн ис йæ кæрдæг дæр. Чызгай, тæлфы æнæнцойæ Мæ зæрдæйы дæ зæрдæ дæр. Уыналы фæзтæ — хурджындæр, Сæ хæрзад дыргътæй хъал ысты. Чызгай, зæгъ-ма, дæ курджытæ Æрмæст нæ хъæуы цал ысты? Хæххон дон уайы цырддæрæй Нæ фæзтæм комы нарæгæй. Чызгай, дæ фæлмæн дзырд дæр мæм Рæсугъддæр кæсы зарæгæй. Цы суадон уайы лакъонæй, Нæ фæбæззы уый нуазынæн. Чызгай, мæнæн куы бакомай, Уæд дæ тыхджындæр уарздзынæн. 80
РИССЫ ЧЫЗГАЙÆН ЙÆ ЗÆРДÆ — Быдмр, æрхæндæг цæмæн дæ? Нал зоныс худын æппын. — Риссы чызгайæн йæ зæрдæ, Уый зын мыл бафтыдта зын. — Дндинæг, калдтай цæхæртæ, Нал ис дæ сыфтæрты арт. — Риссы чызгайæн йæ зæрдæ, Æмæ куыннæ уон æнкъард. — Цъити-дон, абон æндæр дæ, Нал хъуысы де стыр хъæлæс. — Риссы чызгайæн йæ зæрдæ, Уый мæтæй батадтæн æз. Байдзаг æрдз диссаджы зæлтæй. Фсстади дуне тæмæн. Барухс чызгайæн йæ зæрдæ, Федта та, федта уый мæн. 6 Арфæ 81.
ИУНÆГ ДÆ СУРÆТ РАВЗÆРСТОН Мæ фæндаг цыди ауæзтыл, Лфтæмæй доны бассæстон! Рæсугъдты æхсæн а бæсты Иунæг дæ сурæт равзæрстон. Нæ хъæуы уигъын къалиуы, Æмæ йæ сыфтæ ма згъæлой. Ма-иу мæм ракæс галиумæ, Æмæ дыл худгæ амбæлон. Зынцъары цур фæхæрдгæнæн, Æдзух хъæуæн — йæ хосгæрдæн. Рæсугъд чызгай, мæ зæрдæйæн Дæ цæстæнгас — йæ хосгæнæг. Æнгуз бæлас, пæлæхсар дæ, Дæ быны мыл нæ фæуары. Æнæ дæу æз æнæхсар дæн, Уæндон дзырд дæр нæ фæарын. Ираны дæле Ставддуртæ, Мæ хуым дзы сыгъдæг бакуыстон. Æмæ ды кæд мæ давд хур дæ, Уæддæр мæ къæрных макуы схон. Бызаг хъæдгæс йæ фæрæтæй Алы фæззæг дæр хид кæны. Сæрæн дæ ды, фыдсæрæн дæ, Тымыгъ бон дæр ныййирд кæныс.
РАЗДÆР МÆМ ЦЫРАГЪЫ РУХСАУ РАЗЫНДТÆ Раздæр мæм цырагъы рухсау разындтæ, Уыйфæстæ дæ хурыл барын байдыдтон. Загътай мын ныллæг хъæлæсæй: уарзын дæ, Дунейыл æй арвы нæрдау блйтыдтон. Уыд кæддæр мæ цин æрмæстдæр риуыдзаг, Ныр йæхи æнæхъæн зæххыл айвæзта. Знон дæр ма уыди мæ зарæг иуы фаг, Ныр йæхицæн стыр фæндæгтæ айгæрста. Норст цæхæртæ дардтон æз мæ цæстыты, Пиллон артæй ныр æддæмæ ратыдтой. Æз дæуæн, дæуæн, чызгай, дæ кæстытæй Циндзинады адджын рæвдыд базыдтон. Уарзтæн, дам, вæййы æрмæстдæр иу афон, Не ’ууæндын æз уый зæгъджытæй иуыл дæр. Агуырдтон æз чызджыты ’хсæн иу амонд, Сарæзтай мæ амондджын ды иууылдæр. 8&
ÆРЫГОН ЗÆРДÆ УАРЗАГ У Хуры тын æркъул къалиумæ: Макуы мæм ракæс галиумæ. Уайтагъд æй зæрдæ базондзæн Æмæ фæйнæрдæм атондзæн. Сæрдыгон кæрдæг тасаг у. Æрыгон зæрдæ уарзаг у. Рæсугъд бæллицтæй дзаг кæны, Æмæ йæ хъæуы хъахъхъæнын. Быдираг дымгæ кафаг у. Уарзоны ныхас таваг у. Æз дын дæ цинтæ уардзынæн Æмæ дыл алкæд зардзынæн. Тыхджын уарын зæй расайы. Дæ цæстæнгасæй атайын. Æз дын дæ сагъæс бамбарын Æмæ ныхас дæр нал ф’ арын. Дидинæгыл зæбул сыфтæ. Мæнæн æдзух ыстыр ныфс дæ. Нæ тæрсæм хæхтæй, уæлвæзтæй Æмæ цæуæм фæрсæй-фæрстæм. Уалдзæг — рæсугъддæр афонтæй. Цы ис хуыздæр, цы, амондæй? Нæ уарзт нын адæм базоной,— Æмæ йæ хæссæм уарзонæй.
ÆРТÆХТÆ Уæлæ хур йæ мидбылхудгæ разынд, Сыфтæртыл ыссыгъдысты цырæгътæ. Байдыдтой кæрæдзиимæ хъазын Мæй æмæ зæххы лæлар æртæхтæ. Алы ’ртæх дæр раст цыма у стъалы — Алырдæм йæ ирд цæхæртæ калы. Уыцы гыццыл, уыцы гыццыл муртæн Дунемæ кæсынц сæ хуылфæй хуртæ. Дымгæ кафгæ разгъордта нæ фæзтыл, Кæрдæгæй фæлмæн æртæх æрхауди. Мæнæ диссаг: сау мæрыл йæ бæсты Хъулон мулон дидинджытæ ’рзади. Бæлæстыл æртæх зыны фæткъуытау, Хъарм фæдгæнгæ къалиутыл æрбыры. Саразин æз уыдонæй фæрдгуытæ, Уарзонæн сæ сауындзин йæ хъуырыл. 85
МАЛУСÆГ Мит нырма нæма сыстади зæххæй, Барджынæй М1 урсрихи Дадайау Къæлæтджыныл бады. Мæнæ хур куы ныккæса дзхбæхæр, Райдайдзæн уæд хид кæнын уый, тайын, Æмæ ратдзæн уалдзæгæн йæ бадæн. Уыйфæстæ фæраст уыдзæни балцы, Гъер та уал фæндаггонау Йæ фæллад уадзы. Иуафон æркувдзæни йæ сæрæй, Схæцдзæни йæ уæнтыл Æмæ дзаджджын мæрæн Ллæсдзæн йæ тæгты. Миты дондыппыр æртæхтæн Ракæндзæн зæхх арфæ, Æмæ та йæм ног æртæхгзæн Зымæг урс гæлæбутау цъæх арвæй. Ахæм афон тезгъо кæнын уарзын. Æрдзы конд, ды уыц’ афон æндæр дæ! Адджын уæлдæф адджынæй фæнуазын, Базыртыл мæ сисы зæрдæ. Ехх, цы хорз у: коммæ де ’ргом сараз Æмæ йын йæ арфмæ бацу. Уым фæзæгъын зымæгæн «фæндараст», Уалдзæгæн —«æгас цу». Махæн-иу æхсызгон уыд нæ фембæлд. Ардæм-иу æппынæдзух дæр мемæ 86
Алы аз мæ уарзты æз хуыдтон Æмæ иу ын малусæг тыдтон. Цалæймаг хатт ныр цæуын æз ардæм, Цал хатты мыл бацин кодта хур, Цал хатты хъырныдта дон мæ зардæн... Лцы митау ныр мæ сæр ысурс. Ацы хæхтау сæнхъырдтæ мæ ных, Нал ис раздæрау мæ уарзты артмæ тых, Уый фæкодта рæстæг къахыр Æмæ ма мæ ардæм хоны ахуыр. Уæлæ та мæм рог дымгæ хæссы Комы фахсæй малусæджы тæф, Фæндагмæ цымыдисæй кæсы. Азтæй уымæн нæу йæ ирд хуыз сæфт, Азтæ уый кæнынц æвзонгдæр, Рæстæг исы уый бæрзонддæр. Уый та циу? Фæцæуы уæлæ чидæр. Ам кæцæй фæци, кæцæй? — Эй, фæлæуу-ма! Чи дæ? Фæлæ мæм фæстæмæ кæсæг нæй. У бæрæг йæ уад æмæ йæ тахтæй. Уый кæны æвзонг лæппуйы каст. Малусæджы уый куы ’ртонид тагъддæр, Артау уæд ныггуыпп кæнид йæ уарзт. Баззадтæн æм иудзæвгар кæсгæйæ: Уадз æмæ йæм ныр цæуа æндæр. Малусæгæн фембæлдмæ бæлгæйæ Нал зæгъдзынæн ныр < мæн дæ». 87
* * * Ды мæнæн «фæндараст фæу» загътай,— Уымæй мыл уæд базыртæ ныссагътай. Ды мæнæн фæндагмæ радтай зарæг,— Нал уыдзæн мæ цинæн уæд ысбарæн. Мидбылты мæм бахудтæ ды абон,— Афæдз дæр мæ нал хгуадздзæни амонд. Радтай мын сыгъдæг зæрдæйæ хал дæр,— Ничиуал уыдзæн мæнæй уæд хъалдæр... Хорз хъуыддæгтæ царды уæдæ цас и! Сæмбырд сæ кæн — зæхх дæр сæ ныттасид. Уыдоныл хъуына хæцы æвæрдæй. Уыдон хъуамæ ма зайой æвæдæй. 88
ЦÆМÆЙ ТÆРСЫН... Ды мæм куы ’рбакæсай дзæбæх, Æз дæ уæд бафсаддзынæн цинæй. Æрмæст мын иунæг хъарм дзырд зæгъ, Æз дын æй бафиддзынæн минæй. Мæнæн ды ратт зæрдæйæ хал, Æрисдзынæн дын хур æд тынтæ. Дæхицæн мæ ыскæн æмбал, Æз дын ныууадздзынæн мæ бынтæ. Мæхимæ райсдзынæн дæ зын — Миййаг куы рæдийай, куы цудай. Æрмæст æз иу фыдæй тæрсын: Мæ рæдаудзинадыл куы худай. 89
УАЙДЗÆФ Бауайдзæф мын кодта иубон чидæр: «Зонæм æй, цы дæ ды æмæ чи дæ. Адæмыл æмдзæвгæтæ фыссыс, Царды хæрзтыл, циндзинæдтыл зарыс. Кæд, миййаг, уæлæнгæйтты кæсыс, Æмæ дзы сахъатдзинæдтæ н’ арыс. Никуы уыд дæ сонт зæрдæйы хъыг? Никуы федтай фæндагыл фыдбылыз? Мардыл никуы æркалдтай цæссыг? Æви царды зилæнтæ нæ уыныс?.. — О, ыстæм мах иууылдæр зæххон, Алыбон нæ дард фидæн ысгарæм. Æмæ нæ зæдты хуыздæр ысхон — Ис ма нæм уæддæр фыдтæ ыссарзен. Не ’ппæт не стæм иузæрдæ нырма, Афтæмæй та иу ад зонæм цардæй. Иутæ ма сты абон дæр къуырма, Не стыр хæрзтæм рафæлгæсынц дардæй. Иутæн ма сæ хъуыддæгтæ сты сау Æмæ арф сæ гамхудты кыллæсынц. Чн нымбæхсти хъамылы хæфсау Æмæ ламийæ ныддымст, ныррхсыд. Чи хъæр сисы: «Уа æрмæст мæнæн!» Æмæ калы фæндæгтæм цæлхдуртæ. Ехх, куы уаид ахæмæн гæнæн — Дунейыл ныттар кæнид уæд хур дæр. Ахæмтæ дæр ма нæм ис дзæвгар: 90
Аразынц сæ хъæлдзæгдзинад нсзтаи. Зонæм уый дæр: карз нозтæн кæ марг Адæймагыл цас ныууадзы ностæ. Зонын, зонын ахæмтæ дæр æз: Ку’ уаид дымгæйæн бæхау æрцахсæн, Ма зона цæмæй йæ рæвдыд фæз, Уый тыххæй йыл сæвæрид уый сахсæн. Иу вæййы кæйдæр ысгуыхтæй хъал, Цардæй кæны иудадз:лг хынджылæг. Иннæтæн та ис ысхонæн калм, Алæсдзæн кæцыфæнды хуынчьы дæр... Ноджыдæр ма, ноджыдæр ма и: Хъуагдзинæдтæ ракалæн, нымайæн. Уыдоныл фæкæнæм иумæ дис. 0, кæдмæ цæрдзысты, кæ, хъуынайæ? Æз хъуынамæ не ’здæхын æргом, Уардийы раз нс ’взарын пысыра. У мæ зæрдæ арвы дуарлу гом. Систон æз сæуæхсидхуыз тырыса. Иемæ мын нæу, нæу, тæссаг æ.пын, Ме ’нгæсæй æз хъарм дæттын йæ рухсæн. У мæ риу йæ зарджытæй тыппыр Не ’рыгон, нæ диссаджы æнусæн. Æмæ мæн зынаргъ хъæбулау, цард Цинтæ уарынæн, мæ хур, ныййардта. Цалынмæ гъеуыдон фæуон зард... О, уæвгæ кæд фæуыдзысты зард та? 91
ФÆРСЫС... Фæрсыс: — Цæй тыххæй зарын æз, Цæмæн ысты фæлдæхт мæ дыстæ? — Нæ фарндæттæг бонæн йæ уæз Фæфылдæр кодтон агз мæ куыстæй. — Цæмæп ысты, цæмæн,—фæрсыс— Ныллæгдæр зæххæп ам йæ синтæ? — Æз сыл мæ риуыдзаг хæссын Мæ рæсугъд бæлпицтæ, мæ цинтæ. Фæрсыс: — Цæмæн ысбадт мæ хид Тыппыр цæг.пузыртæй мæ ныхыл? — Ныннадтон ирд хуры мæхи, Æмæ мæ буар зынгау ыссырх и. — Цæмæн, цæмæн вæййын,— фæрсыс — Æнкоард дæумæ кæсгæйæ хатгай? — Мæ уарзондзинадæн тæрсын, Миййаг æй искæмæн куы раттай. 92
НЫХАС ЗОНГÆИМÆ Лæууы мæ иу зонгæ мæ цуры. Йæ царды хабæрттæ мын дзуры: — Мæ лæгимæ мæ цард нæ цæуы. Æз йемæ бацæуын быцæуы. Уарзы Муазын... Арахъхъ ын мады ’хсырау фестад, Æнæ уый иу сахат нæ быхсы, Вæййы цыма æххормаг. Сæумæйæ хуыссæнæй куы фесты,— Цъæх авгыл уарзонау ныттыхсы, (Цыма йын у сылгоймаг). Йæ сæр йæ гуыбынæй фæдæлдæр, Тæрсын, бынтон куы ’ртула. Æппындæр нал бæззы йæ зæрдæ, Уæддæр уый цъула Ке ’ппары къæрттæй, У нозтмæ алы уысм цæттæ. Хырхы æмæ хырхы... Цыма хæцы хырхыл Æмæ нын байдайы нæ удтæ фадын. Æппындæр нал фæкомы бадын, Пæхицæй саразы айуан Кæнæ та маймули, быдзæу... Æрæвæр ын йæ разы цайдан,— Уæд нал фæкæны, нал, быцæу. На уый нæй, уæд... 93
Цæй, фод æгъгъæд... Нæ уадзы, иудзырдæй, йæ кæнон. Цæй, цы кæнон? — Æз зæхмæ дзагъырæй кæсын, Цыма уым агурын йæ хъысмæт, Мæнæн йæ зын у зын, Фæлæ кæм æрбацыд æххуысмæ, Уым ын мæ хъуыдытæ зæгъон: — У царды бындур фехалын æнцон, Пæ саразын — зындæр. Æмæ быхсын хъæуы зынтæн. Сымах цыфæнды дæр фæут. Лæг баназæд йæ уд, Фæлæ цы кодта Цот та? Сывæллонæн йæ иу цæст — мад, Йæ иннæ цæст — фыд у. Æмæ йын сохъхъыры цард ратт, Уæд уый куыд у? Зæнæгæн мад нæ ранвдзæн фыды, Фыдæн та мад ысхонæн нæй. Кæнут гъеууыл алыхатт хъуыды... Хæрзбонтæ рау, цæй! 94
* * * Фатимæйæн Рансомы сырх сæуæхсидæн Дм æрцахс йæ тынтæ. Бакæн æхсæвæн дæхи Ды йæ хуыздæр фынтæ. Уадз, дæ къухты уа æдзухдæр Дымгæйæн йæ уылæн. Сауындз ды фæрдгуытау хъуырыл Йе ’ртæхтæ зынг хурæн. Стух дæхиуыл царды хосау Йе ’схъиуæнтæ донæн. Райс дæхимæ иудадзыгдæр Йе ’взонгдзинад бонæн. Дунсйы зарджытæн бакæн Ды дæхи сæ зæлтæ. Уадз æмæ уа алыбон дæр Цинтæй дзаг дæ зæрдæ... Райс сæ, райс сæ. Æрдзы хæрзтæ Нууылдæр дæу ысты. Уыдон дæу дæ даргъ фæндагыл Иудадзыг хъæудзысты. Ю
ÆМДЗÆВГÆТÆ СЫВÆЛЛОНЫ ТЫХХÆЙ * Хъазынц сывæллæттæ артæй, Хъазы тар æхсæвæй зынг, Хауынц æхсидæвтæ арвæй, Фгстад стъалыты фæз уынг. Сабитæм нæ фидæн сиды. Райсом сын куыннæ уа зын,— Абон уыдон артæй исынц Сс ’хсидгæ зæрдæтæм зынг. * * * Саби райгуырд... Джихæй аззад... Уысм йæ кæуынæй фæхъус... Саби ракаст... Уый фыццаг хатт Федта стыр дунейы рухс... Стæлфыд хур йæ гыццыл рустыл... Сивæзта хæрдмæ йæ къух... Уыцы амонддæттæг рухсыл Сомбон бафтаудзæн уый рухс. * * * Саби, дæу дæ нынйарæг мад узы, Мидбылты дæм худгæйæ ныккæсы. Бафтыдтай дыууæ цæсты н* рухсыл, Хурыскастау æрдзæн уыд дæ фæзынд. Басгардзынæ дунетæ дæ цæстæй, Суыдзынæ ды йе ’мбæлццон нæ цардæн. Цалынмæ дæ н’ ахуыдтой нæ фæзтæ, Уалынмæ дæ барæвдауа авдæн. 96
ÆМДЗÆВГÆТÆ ФÆНДЫРЫ ТЫХХÆЙ Ды фæрсыс: цæмæ мæм цæуы кусын, Æз цæмæй, цæмæй фæдæн^ уæнгрогдæр? — Донбылæй фæндыры зæлтæ хъусын, Æмæ уымæй æз фæдæн æвзонгдæр. Ды фæрсыс: цæмæ мæм цæуы зарын, Лфтæ цин цæуыл кæнын æмбойны? — Лрвæй мыл фæндыры зæлтæ уары, Уадзы сæ ыскъуыдтæ зæхх йæ дойны. Ды фæрсыс: цæмæн райы мæ зæрдæ, Уарзонад цæмæн ыссыгъд мæ риуы? — Фæндырæн æрцахстон æз йæ зæлтæ, Стыхтон сæ зæрин тынтау мæхиуыл. * * Дугъон бæхау арвыл мигъ нæ уайы, А изæр дæ фæндыр у йæ фысым. Скæс-ма уæлæ ирд мæймæ, куыд райы, Уымæ дæр дæ фæндыры цагъд хъуысы. Хох кæны дæ фæндырмæ тæхуды, О, куыд тынг, куыд тынг æй фæнды махмæ. Скæс-ма уæлæ стъалытæм, куыд худынц, Сцыбæл ысты уыдон дæр дæ цагъдмæ. Арфæ 97
Рог дымгæ æрбалæууыд нæ цуры, Нæ, мæ хур, уый уайыиæй нæ бамцад. Уый дæ цагъдмæ кафыиы бар куры, Ардæм уый йæ хуыздæр кафт æрхаста. Дон, кæс-ма, нæ цъæх нæууыл ыссыгъта Знæт уылæнты схъиуæнтæй цæхæртæ. Уый йæ рæсугъд зарджытыл ыстыхта Де ’мбисонды фæндырæн йæ зæлтæ.
ХÆХТÆЙ РÆСУГЪДДÆР — ХÆХТÆ Поэтикон рэпортаж Иæхимæ хоны, уромы Нæ хæхбæстæ хæрзгæнæджы. Æз сæмбæллтæн Дыгургомы Мæ уæгъд рæстæг хæрзæрæджы. Фæндаггон адæм — цæуджытæ Гъеуыцы уавæр зондзысты: Йæ уæлдæфæй мæ рæуджытæ Дымст къорииау ысрог ысты. Цыма фæтæхын хæхты ’хсæн, Кæ сыл кæнын æндзæвгæ дæр... Фæнды мæн дзурын, зæххыстæн, Мæ хъуыдытæ æмдзæвгæтæй. * * * Цас уæлдæр, у комы афтæ рухсдæр, Хæхты сæртыл даргъдæр вæййы бон. Фæндæгтæн ис райдайæн æдзухдæр, Фæндæгтæн нæй никуы дæр кæрон. Цас уæлдæр, зындæр у уыйас зонын, Фæндаг мын дæтты йæхæдæг ныфс. Къахдзæфгай мæ дардæй-дарддæр хоны, Дарддæр та — нæ хæхты хъарм хъæбыс. Хæхтæн хъуамæ райсон æз сæ къухтæ, Ахæссон сæ цъуппытыл мæ цæст. Фенон сын сæ ирд суадæтты дугътæ, Се ’рттиваг æхсæрдзæнты пæррæст. 99
Уым фæзарон дæттимæ мæ фæндйаг, Хæхтæ уарзынц зарджытæн хъырнын. Хоны дардæн-дарддæр мæн мæ фæндаг, Райдыдта мæ зарæг дæр гуырын. * * * Хъæды цур æрлæууыдтæн, Мидæмæ мæ хоны. Иу хатт дзы куынæ уыдтæн: Ме ’нгуылдзтау æй зонын. Фæлæ ма йæм æз уæддæр Ног фæдæн кæсыныл. Иунæг фыдкъухы фæд дæр Бæлæстыл нæ зыны. Махæн хъæд (куыд æмбæлы) У æдзух хæдзарау: Алкæддæр ныл сæмбæлы Иузæрдион хæларау. Равæры парахатæй Минæстæ нæ разы... Фæлæ дæм куы рахата Истæй тыххæй азым... Райсæм: арт ыл бандзæрстай, Пыхс ныссастай барæй, Ног талатæ бассæстай, Тоныс сæ бындзарæй... Ма равдис дæ мæнг хъару! Æрдзы мæты ма ’фтау! Махæн хъæд нæ хæдзар у, Æмæ ’фснайд уа уатау. * * * Æрбацыдтæн æз иу бæласы цурмæ,— Мæ хъуыдытæ мын рагзамантæм фехсга. Мæ фарсмæ ’рлæууыд иу зæронд лæг дзургæ: — Мæ фыдыфыды фыд дæр ма йæ федта. 100
Кæсыс: йæ ал’ варс луртæ æмæ дуртæ, Йæ буар у, ихы хост зæххау, уырынгтæ. Фæсыгътой йæ æнусты ;;æргьы хуртæ, Тæрккъæвдатæ йын фехсадтой йæ рыгтæ. Йæ цъупп ын рæстæг мисхалæй фæхаста, Йæ къалиутæ йын сыздыхта сыкъатау. Кæддæр, дам, уый рæудымгæйы куыд уарзта, Нæ дам-иу æфсæст уый æхсызггн батлй. Æнтæф бон-иу йæ аууо;:мæ æрхуыдта Тæппуд сычъиты. Саг дæр-иу æрбазылд. Фæндаггон-иу йæ сыфтæртæй æртыдтд Æмæ-иу хорз фæхуыссыди цъæх базьп. Бæлас-æмбал ын уыд æрмæст Ггæ аууон, Бæласы дæр æмбал хъæуы, хьæбултæ. Фæлæ дзы лыгъд кæйдæр фыдæй йæ амонд: Нæ йын уагътой зæнæг рауадзын дуртæ. Куы-иу федта йæ мыггæгтæ уый мардæй,— Цыма-иу уадæй афæлдæхт йæ мæсыг. Фæлæууыдис-иу зианджыкау æнкъардæй, Фæкалдта-иу æндон къæйтыл йæ цæс:ыг. Фæлæ уæддæр цыдæр ныфсыл æууæндыд, Æмæ-иу бацыд æрдзимæ быцæуы... Кæс-ма, кæс-ма, цæнгæт дурты атхсæнты Æвзонг тала йæ хæд фарсмæ ыссæуы. Зæрин хуры цæхæр тынтæ æрцахста. Цыма уыдзæн æгас комæн цырагъдар. Йæ зæронд мадæн стыр цинтæ æрхаста, Фæкодта йын йæ цæрæнбонтæ даргъдæр. Бæргæ куы кусид мин-мин азы зæрдæ: Куы ныннæра йæ гуыппы уынæр комы,— Йæ хъæбул ын сæрыстырæй йæ зæлтæ Рæсугъд зарæгау ахæсдзæн йæ номыл. * * * Ныр та дæн æз Дзынагъайы: 0, цас у, цас у æрдзы бон! 101
Лæгæн йæ зæрдæ агайы Йæ фырдиссæгтæй æрдзы конд. Хъалагъуртау йæ дæлвæзты Æрæвæрдта дынджыр дуртæ. Хæснагыл ын йæ бæлæстыл Ыссарæн кæй рыджы мур дæр. Сæрыстыр у йæ нæзытæй: Фæрсудзæнтæ — йæ уæлдæфæн. Хæххон дымгæйы фæзындæй Йæ тых фæсæтты æнтæфæн. Уымæл фæззæг куы ныккæна: Уый ннкуы вæййы мигъы бын. Иæ доныл зæй куы ныккæла: Нæ фæуыдзæн уый ихты бын. Нæ фæзтæм, дам, сæуæхсидæн Тæхы йæ зынг Дзынагъайæ. Æрæфæн, дам, йæ æхсидæн — Йæ зарджытæн сæ райдайæн. Иæ дыргъ — сæкæрæй адджындæр, Йæ уæлдæф — низтæ марæг у. Ды ма хæсс ардæм зарджытæ, Иæхæдæг иууыл зарæг у. Кæцæй нæ цæуынц а хæхтæм, Сæрдæй, фæззæгæй, уалдзæгæй. Цæут, цæут сæм арæхдæр! Нæ тыхсынц уыдон уазæгæй. Мæн дæр йæ хæхтæ бафарстой: — Цæмæн дæ ам? Цы архайыс? — Мæ цæрæнбонтæм бауарзтон, Рæсугъд чызгау Дзынагъайы. * * * Фæцис мæ балц Дыгургомы, Фыны дæр æй уындзынæн. Фæстæдæрмæ мæ уромы, Фæлæ та йæм зындзынæн. 102
Рæвдыддзинад мын фаг уыди, Цыма вæййы хæларæн. Цы зарæг мын дзы райгуырди, Дæттын уын уый лæварæн. * * * Хæхтыл цъæх арв æнцайы, Згъорынц сæ кæмтты дæттæ. Дидинджытæ сыл зайы, Хилынц сæ фæхстыл хъæдтæ. Хæхтæн — сæнтурс сæ худтæ, Калынц тæмæн сæ рæгътæ... Хæхтæй цы ис рæсугъддæр? Хæхтæй рæсугъддæр — хæхтæ. Хæхтæ — хæстæгдæр хурмæ, Ирд тынтæ фæзтыл тауынц. Никæмæ кæсынц зулмæ, Зокынц æрмæст рæвдауын. Хæхтæн ныфс у сæ конд дæр, Зæрдæ кæнынц уæрæхдæр. Хæхтæй цы ис бæрзонддæр? Хæхтæй бæрзонддæр — хæхтæ. Хæхты цæрынц цæргæстæ, Сычъиты нæй хъыгдарæг. Мæргъты æргом пæррæстæй Райгуыры цины зарæг. Хæхтæн хæзна — сæ рыг дæр, Иууыл — ызгъæр къæдзæхтæ... Хæхтæй цы ис хъæздыгдæр? Хæхтæй хъæздыгдæр — хæхтæ. 103
«УАРЗОН» СЫХÆГТÆ (Фсльетон) Сосо æмæ Босо — сыхæгтæ, Лымæнæй тынг рагæй цæрынц. Сосо — бæрзонд. Босо — ныллæгдæр... Дзæбæх бинонтау иу фынгæй хæрынц. Æфсымæртау раст иу сыкъайæ нуазынц, Кæрæдзийы æппындæр цух нæ уадзынц. Куы схуыфы райсомæй Сосо — Йæ цуры алæууы Босо. Куы стыхсы истæмæй Босо — Бынат уæд нал ф’ ары Сосо. Сосо, дам, у Босойæ хистæр Æрмæстдæр иу мæй. Чызгæрвыстмæ, хъæугуывдмæ, хистмæ Фæцæуынц иумæ. Æмæ та мæнæ куывды бадынц разæй, Хæрынц... Рæгъытæ уадзынц... Сосо куы фæкæсы йæхимæ «карзæй», Уæд фесты уадындз. Сосо ныззарыд. Айсы йæ Босо, Босойæ та — Сосо. Сæ зарджытæ дыууæ сыхаджы ивынц, Сæ къухты здыхт сыкъатæ ’рттивынц. Фæлæ фыднозт уæнгты дæр хъары, Йæ кæнæгæн дæр нæ бары. Æмæ куы бацыд куывд йæ тынгыл, Уæд дын Босойы сæр æрхауди фынгыл. Сосойыл дæр фыдуаг арахъхъ ([æтых и, 104
Æрмæст ма бафтыд иу иыхас йæ дзыхы: Нæ кæ-æ-стæ-æрты ныма-айæм, уа-арзæ-æм, Æмæ сын а-арви-итæм нæ нуа-азæн, Куыд кæ-æной буц хи-истæ-æртæм хъусгæ-æ, Гьеуый тыххæй сын ха-айæ-æн — хъус дæ-æр. Ыссардта хъус. Æмæ Босойы сæрмæ Фæринк кард ферттывта. Фæлæ дын лæууæг Сосойы къухæй стыдта кард. Фæцæрдæг. Гыццыл ма бахъæуа — Сосо кæстæр Михайæн Босойы хъус ныллæвæрдтаид хайæн. 105
АСТРÆНХЪОНТÆ * * * Нæ зайы фарн нæзы бæласау зæххыл, Æмбæхст нæу уый æргъæвст хъуыдыйау искæм. Нæй уымæн ссарæн райсомы æртæхыл, Нæу хуры тынау цъæх арвæй æрисгæ. Нæ уайы фарн тæлтæг дымгæйау дугъты, Иæу фарн кæмæндæр хъазæнхъул йæ цинæн. Хæссынц бæрзонд уый адæмтæ сæ къухты, Цæмæй дзы скæной райдзастдæр нæ фидæн. * * * Дунейы фарн, бафсад дуне худтæй! Адæймаджы цард кæны уый даргъдæр. Свæййы дзы лæджы цæсгом рæсугъддæр, Рог кæны фæндаггонæн йæ уаргъ дæр. Худт кæны лæджы уадултæ дудын, Адæймаджы арвы тыгъдмæ сисы. О, фæлæ лæгыл нæ хъæуы худын, Уымæй зæрдæ... Уымæй зæрдæ риссы. * * * Æз айнæг къæдзæхы дæр сисин, Уæларвы цъупмæ дæр ысхизин. Æз бауромин дон йæ цыдæй, Æрцахсин хуры дæр йæ тынтæй. 106
Мæ къухы арвырдын ыстухин, Мæхи ыстъалытæм нынтъухин... . Дæуæн зæгъын куы хъуыди: уарзын, Уæд мæм æппындæр тых нæ разынд. * * * — Зæххыл та куы нал лæууыс. Маргъæй та куы срогдæр дæ. — Зон, мæ риуы нал цæуы Фырцинæй мæ сонт зæрдæ. Куыст мын радта райдзаст бон, Сдæн та уым æхсарджындæр. Базыртыл мæ рахастой Мс станочы зарджытæ. * * * Адæммæ зæхх дзуры: Мæнæ уын! Аласут уæ къæбицтæм Мæ бæркæдтæ!.. Хъазынц хуры тынтæ Мæнæуыл. Байдзаг ысты стыр цинтæй Нæ зæрдæтæ. * * * Хуымгæнæг хуымгæрон æрлæууыд: Цыдæр æм хæмпæлæй æрттывта. Мæнæуы нæмыг уыд, мæнæуы, Йæ дæрзæг армы йæ нылхъывта. Гъестæй йæ кæрийырдæм фехста: Æрхуыссмд нæмыг рагъыл хъавгæ. Цыма дзы кæри стырдæр фестад, Фæкасти хуымгæнæгмæ афтæ. 107
* * * Æз дæн дæ айнæг хæхтæй иу къæртт, Дæн ссмæ фидар баст гуырдзæй. Фæлæ фæцагайдтай мæн иугæр, Уæд мемæ рахæсдзынæн зæй. Мæньм цъæх арвы тигъ æндзæвы, Æз никуы къул кодтон мæ сæр. Иæхи мыл сонт дымгæ куы сцэсвы,— Уæд артау акалын цæхæр. * * * Мпгътæ та цыдæр кæнынмæ хгавынц: Райдыдтой та тыгъд арвыл хæтын. Æмæ та кæрæдзи ’вдæрзынц, хафынц, Бавæрдтой сæ «сармадзанты» зынг. Арв æвиппайд’ райдыдта гæрæхтæ, Мигътæн тохы рахъардта сæ хид. Ссудзынæй фæтарстысты æртæхтæ Æмæ зæхмæ раипæрстой сæхи. * * * — Дæ зарæг цæуыл у, мæ фæндыр, цæуыл? — Мæ зарæг? Æз адæмы æмрæнхъ цæуын, Нæ адæмы сæрыл кæмæн уыд йæ тох, Æз уыцы салдæтты нæ фæкодтон рох. Нæ хъæубæстæм чи хаста зæрдæты рухс, Гъсуыцы хъæбатырты мысын æдзух. Лæгдзинадыл чи у сывæллснæй хæст Гъеуыдоныл иудадзыг зардзынæн æз. * * * Хъуыды рæстдзæвиндæр у фатæй, Зыны кæмдæриддæр йæ фæд. Хъуыдыйы рауагътай фæлладæй,— Нысаныл не сæмбæлдзæн уæд. 108
Хъуыды рæсугъд ирд бон дæр хатгай Вæййы мæйдар æхсæвау тар. Рæсугъд хъуыдытæ кæд нæ радтай, Гъеуæд сæ ма ракæн лæвар. * * * Ды ныссагътай уалдзæджы бæлас... Кæд йæ уидæгтæй фæхæцыд зæххыл,— Нал ын уыдзæн уаддымгæйæ тас, Дыргъты уæзæй н’ акомдзæн фæлдæхын. Дæу нæ зæххыл кæд фæнды лæууы;?,— Ма бацауæрд мацæмæй дæхиуыл. О, фæлæ дын искæд бон фæзын,— Адæм дæ нæ бауадздзысты чн)ын. * * * Йæ барты бацыди ныр уалдзæг. Ныккасти хъоппæгдзастæй бон. Ныр арвæй миты бæсты уардзæн Нæ зæхмæ хурæмхæццæ дон. Ныр къалиутыл къуыбар фæзындзæн, Гъестæй ныггуыпп ласдзæн сыфтæр. Æмæ та райхъуысдзæни рындзæй Хæххон æхсæрдзæнты сæр-сæр. * * * О, уæдæ куыд фæрнджын у нæ рæстæг! Цин æмæ нын амæндтæ хæссы. Уалдзæг та сæрыстырæй нæ фæзтæм Фæсивæды цæстытæй кæсы. Æрдзы дарæс алкæмдæр — цъæх ахуырст, Ацафон æй ахæм хуыз хъæуы. Уалдзæг та нæм арф ммтыл æрбахызт /Емæ немæ ауæдзтыл цæуы. 109
* * * Нæмгуытæ тракторы фæстæ Сау мæры зайынц æвæрдæй. (Адæмы къухвæллой рæстæг Никуы ныууадзы æвæдæй). Не сты æмбæхст уым æнусмæ, Сау мæр сæ бакодта тухгæ. Сисдзысты арвы онг рухсмæ Уыдон хуымгæнæджы къухтæ. * * * ...Æмæ мæныл дæр атахтысты азтæ. Кæддæрау размæ нал кæсын цырддзастæй. Хатыр дæуæй, дæуæй курын, нæ рæстæг, Лæджы фæд кæд нæ ныууагътон мæ фæстæ. Мæлæтæй — нæ. Æз уымæй тæрсын, уымæй, Куы ницуал сисон адæмæн мæ хуымæй. Æз цас цæуын ныр азты сæрты дарддæр, Фæнды мæ уыйас размæ згъорын тагъддæр. ж * * Мæ бæстæн ницы ракодтон æвзæрæй, Фæкуыстон царды хуыздæрыл дывæрæй. Æз бахъахъхъæдтон чъизийæ мæ цæсгом, Æмæ дæн абон уый тыххæй æвæсмон. Сыгъдæг цæсгом сыгъдæг вæййы æдзухдæр, Сыгъдæг цæсгоммæ батавæн ис къухтæ. Сыгъдæгцæсгомæй у цæрын æнцондæр, Сыгъдæг цæсгомæй раирд вæййы бон дæр. * * * Касын нæ сабитæн сæ фæстæ: Цыма сты иугуырæй дæр амонд. Мах уымæн сыздæхтыстæм хæстæй, Цæмæй нын ахæм цот уа абон. 110
Сæ цæстæнгасы ис æхсидæн, Фæлæ дзы иу мисхал нæй хин дæр. Сæ цыды æз уынын нæ фидæн, Нæ боны скаст... Гъестæй нæхи дæр. * * * Цæмæн ивазынц адæмтæ сæ къухтæ? Цæмæн тырнынц æппæт дзыллæ æмцардмæ? Цæмæн кæсынц сырх хъуымацмæ æдзухдæр? Цæмæн бæллынц æмзæрдæты æмзардмæ? Цæмæн сидынц æнгомдзинадмæ афтæ? Цæмæн сæттынц сæ рæхыстæ кæмдæрты?.. Зæххы къорийыл апырх ысты тавгæ Октябры сæуæхсиды цæхæртæ. * * * Цъæх арв дæр йæ хуыз кæны ивгæ, Йæ фæдджитæй стъалытæ уигъы. Фæзыны мæм стъалы æрттивгæ Æмæ та фæныгъуылы мигъы. Чызгай дæр мæ стъалыйау хъазы, Фæзыны, æрбайсæфы худгæ. Æз царды мæнг æрттывд нæ уарзын, Кæд судзыс, уæд иудадзыг судзгæ. * * * Магуса нымад у мардыл, Зæрдæйыл æфтауы мæт. Магусайм къухтæ царды Къухтау никуы уадзынц фæд. Къухтæн цард кæны рæсугъддæр, Къухтæ змæлынц — ис фæллой. Кусæджы æнæнцой къухтæ Зæрдæйæн дæттынц æнцой. 111
* * * Доныл къæдзæх рафæлдæхт бæрзондæй, Фæлæ дон нæ ныууагъта йæ зард. Бæлас зæххыл афæлдæхт зæрондæй, Ног æвзарты бацыди йæ цард. Лæг сындæггай акъоппы был зарыд, Знаджы судзаг нæмыгæй фæмард. Зарæг дарддæр хæстонтимæ ацыд, Нал уыд лæг — уый зарæджы æрцард. * * * Æмдзæвгæ фыссын уарзын æз сæумæйæ, М^ сæрæн ма уæд рог вæййы йæ уаргъ. Æз мо ’мдзæвгæйæн хæдз°рæй цæугæйæ Йæ къухтæм раттын фæндагмæ цырагъ. Уый хъуамæ маргъæй бирæ раздæр стæха, Фыццагдæр сиса æхсæвæн йæ хыз. «Дæ райсом хорз»— уый ног бонæн куыд зæгъа, Сæуæхсидæн куыд ныккæна хъæбыс. * * * Æз фæхалас дæн, уыныс, Хилы мæм мæ адзал. У зæронддзинады чырс Карз зымæгау уазал. О, кæуылты у йæ хин! Радта мæм лæдзæг дæр. Дард дзы ласын æз мæхи, Уый — цæуы хæстæгдæр. * * * Дидинæг куы нал кала сыфтæр,— Нал иуазынц йæ уидæгтæ уæд дон. Бæласæн куы бахус уа йæ сæр,— Ие ставд зæнгæн уæд æрцыд кæрон. 112
Хæдзары куынæуал судза арт, Къоиайæ куы нал цæуа фæздæг, Лртимæ уæд ахуысдзæни цард. Ма бауадз дæ арт ныххуыссын, Лæг! * * * Дзæбидыры федтон, уæлхохыл лæууыди, Сæрыстырæй касти бынмæ. Æз федтон цæргæсы, къæйдурыл хæцыди, Сæрыстырæй касти бынмæ. Æхсæрдзæны федтон, уый цъитийæ уади, Сæрыстырæй хауди бынмæ. Æз дидинæг федтон, бæрзонд ран æрзади, Сæрыстырæй касти бынмæ. * * * Цы уарзондзинад райгуыра зынгæй, Хæххон суадонæй уый уыдзæн сыгъдæгдæр. Цы уарзондзинад райгуыра зынтæй, Уый судздзæни хуылыдз сугæй сындæгдæр. Цы уарзондзинад райгуыра дзыхæй, Уыдзæн уый уазал алы хатт дæр ихау. Цы уарзондзинад райгуыра тыхæй,— Ныдздзæгъæл уыдзæн арвы къуымты мигъау. * * * Дуне конд у бирæ бæстæй,— Не сты ’рмæст æнгæстæ. Иутæ кæсынц бирæгъдзæстæй, Иннæтæ — фæрндзæстæй. Ис нæ фидæн фарны тыхы, Бамбарут кæрæдзи! Адæм, зонут, топпы дзыхы Удхæссæг мæлæт и! 8 Арфæ 113
* * * Сарæзта Лæг цард йæ дардæн, Цардæн радта лæг зæрдæ. Цардыл чи цæуы мæкгардæй, Цард уый фесафы кæмдæр. Цард рæсугъддæр кæны зардæй, Лæг йæ цардæй хæры ард. Лæг куы фæцæуы йæ цардæй, Ратты уæд æндæрæн цард. * * * Алкæмæн дæр хицæн у йæ хъысмæт, Нухуызон нæ тавы хур дæр зæххы. Ма кæс, ма, ды адæмæн сæ хуызмæ, Иутæ — цины, иннæтæ — фыдæхы. Алкæмæн дæр ис бынат йæ царды, Адæймаджы хуры тынау батав. Ьафтау ног зæл адæймаджы зардыл, Фæлæ йын йæ цард халынмæ ма хъав. * * * Иæ хæсæн лæг нымадта размæ уайын, Зæххыл зæндджынтæ цал лæджы уыд, цал! Æз се ’ппæты сæрæндæрыл нымайын,— Йæ заман чи æрхъуыды кодта цалх. Æппæт зæндджынты уыцы лæг æмбулы, Уыд уыцы лæгæн фидæнмæ йæ каст. Йæ цалх ма размæ абон’ онг дæр тулы, Уый дун-дунемæ не ’рцæудзæни саст. * * * Иæ разæй судзы, калы хъæу фæздæг. Иæхицæн дзы фыдгул дзыхъхъытæ скъахта. Вæййы хæсты дæр улæфты рæстæг, Æмæ нæхи нæ акъоппыты ’руагътам. 114
Нæ, не ’ркодтам мах ацы ран фысым, Нæмæй ыскæнæм иу кæрон нæ рыстæн: Сæ фæллад суадзой не уæнгтæ чысыл, Æмæ та ногæй стыр ныббырстмæ сыстæм. * * * Зæхх йæхимæ мигъты дон фæрсудзы, Фæздæг хъæуæй атонын нæ комы, Хæлд хæдзæртты хæсты цæхæр судзы, Зæрдæ размæ, размæ бырсын домы. Нæ, нырма сырх ракетæ нæ зыны, Арвма* йæ нæма фесхуыста рæстæг. Дидинæгмæ æз фæдæн кæсыныл... Каст мæм уый дæр мæры уымæл цæстæй. * * * Æз дæу мысын. Тынг арæх дæ мысын: Хæсты цæхæр бацыди дæ хъæуыл. Стыхтон дæ æз ме ’фсæддон хъæбысы, Æмæ банцад уайтагъддæр дæ кæуын. Ды уыдтæ къæбæлдзыг чызг, хæрз къамнæг, 'Рбазгъордтай. Ныххæцыдтæ мæ дысыл. Схуыдтай мын дæхи, æнхъæлдæн, Аннæ. Æз дæу арæх, тынг арæх фæмысын... * * * Иу ныббырстæй икнæмæ цыдыстæм, Нæй, нæ кодтам иунæгæн дæр хатыр, Бæлæстæ ’мæ хъæутимæ сыгъдыстæм, Ныр æппæт дæр алы ран ныссабыр. Фестæм та Уæлахизмæ хæстæгдæр, Хæсты бадæн, бадæн нæй æгуыстæй. Байстам зæххы æнцойад рæстæгмæ, Цæй æмæ та ног ныббырстмæ сыстæм! 115
* * * Салдатыл уарыди, тæдзыд. Сæ сæрты хызт нæ хæхтæн, дæттæн. Салдат цы рæтты уыд, кæм цыд Æрфæнау уагъта уым йæ фæдтæ. Уæвгæ йæ разы циу Æрфæн? Уый бонæй фесæфы бынтондæр. Салдаты намысы фæдтæн Сæ фæд зыны цырагъау бон дæр. * * * Карз тохы æрхаудтæн æрхы, Фæлæ нæ, нæ мæлын. Ме ’ндон зæрдæйы бын зæххыл Зæххы зæрдæ змæлы. Уый мæнмæ ысдзырдта арфæй: — Фест! Цы кæныс катай?!. — 0, нæ зæхх, кæнын дын арфæ, Ног тыхтæ мын радтай! * * * Мæ хæстон писмотæм та когæй кæсын, Фæлдахын сæ арæхсгæ иугай. Мæ хæстон писмотæн сæфынæй тæрсын, Сты уыдон мæ цардæн сæ иу хай. Уæлахизмæ хæсты быдыры цыдтæн. Рæстæг-иу ыссардтон фыссынæн. Нæ ныууагътон уыдон мæхицæн цытæн, Ныууагътон сæ тохтæ мысынæн. * * * Фæкæс-ма ингæнмæ: ызмæлы, Лæджы уым баныгæдта хæст. Рæдийы, афтæ чи æнхъæлы: У цырт æгомыг дур æрмæст. 110
Салдаты зæрдæ бацыд дуры,— Фæкæны æрдзимæ ныхас, Æндæр нæ заиккой йæ цуры Æрыскъæф, дидинæг, бæлас... * * * Командир. Йæ кой дæр нын ныфс уыди,— Сахуыр кодта мах хæцын лæгау. Цард радтын йæ сæрвæлтау куы хъуыди, Уæд нæ кодтам хи цард дæр æвгъау. Цал хатты нæм нæмыг тахти ниугæ. (Знаг мах кодта дардæй дæр гæрах). Командиры размæ-иу нæ риутæ Айнæг хохау сæвæрдтам уæд мах. * * * Фæндæгтæ мах не ’взæрстам хæсты, Фаендæгтæ мах кодтам нæхæдæг. Цыдыстæм сыл быдырты, фæзты, Нæ сæрмæ бадт мигъау нæ фæздæг. Цыдыстæм сыл размæ нæ цинмæ, Уæд иу уыд сæ хъысмæт, сæ нысан. Цæмæй нæ фæхоной Берлинмæ, Æмæ йыл æрсадзæм тырыса. * * * Фыдгулы нæмыг бамур и мæ къахыл, Æнхъæлдтон: ахуыссыд мæ бои. Æрцагуырдтон мæ тыхстæй дон. Æмæ мæ цард мæлæты ’хсæнæй рахылд. Мæ зæрдæйы æз уыцы сахат дарын, Иæ байрох кæнын нæу мæ бон, Мæ былтыл ку’ амбæлы ныр дон, Уæд мæм æрцæуы алы хатт дæр зарын. Ш
* * * Æз дæн нæхимæ. Нал бæззыдтæн хæстæн, Мæ цæфтæ мæ отставкæйы ысфыстон. Ныууагътон æз мæ зæрдæ уым мæ фæстæ, Мæ бæсты йæ ныббырстытæм æрвыстон. Уæлахизы сырх тырыса Берлины Куы æрсагътой нæ намысджын æфсæдтæ, Мæ цин дæр уыд уæд нс ’ппæты стыр цины, Тырысайыл — мæ тæвд къухтæн сæ фæдтæ. * * * Æз ауалдзæг федтон хуынчъь;тæй Нæ хъæдрæбын немыцаг каскæ. Йæ фарсмæ — нæ фыдгулы стджытæ, Сæ уæлæ æфсæн хотых базгæ. Йæ хуылфы дзыгъуыр кал’м хуыссыди. Уыд каскæ хæцаг калмæн ахстон. Мæн федта. Йæ сыф-сыф ыссыди. Ныцъцъæл и — уирагдур ыл бахстон. * * * Уыд уалдлæг. Хур фæздæджы ’хсæиæй Гæзæмæ сырх цырагъау сыгъд, Нæ быдыр уыд йе дзаг æфсæнæй — Фыдгул сæ ныууагъта. Фæлыгъд. Лæууыдысты састæй, сæркъулæй Фыдызнаджы хотыхтæ уым... Хуымгæнæг ыссыгъта йæ лулæ, Йæ гутонæй адардта хуым. * * * Æз фæндаггон дæн æдзухдæр, Ннкуы ауæрдын мæхиуыл. Зæххы хъысмæт ис мæ къухты, Судзы нуæрст цæхæр мæ риуы. - 118
Цард куы расидти фæдисы — Хæстмæ ацыдтæн хæдбарæй. Уазал иуæндæс ысхъисы Хъарм кæнын ныр дæр мæ буарæй. * * * Æз куы баулæфон дурыл, Райдайы уый мемæ дзурын. Æз цъæхбазырджын кæрдæджы Скæнын ме ’нгасæй зæрдæджын. Æз цы хорз зарджытæ зонын,— Азæлынц рæсугъдæй доны. Знлын не стыр зæхх æлхуийау... О, магнæн мæ ном Лæг хуины! * * * ...Айстой дард сæхи кæдæмдæр мигътæ, Хур æрттивы дун-дунейы арфы. Хус бæлæстæ айтыгътой сæ хихтæ, Цыма ахсынц хуры тынтæ арвы. ...Хохы цъуппыл банцадысты мигътæ. Хуры тынтæй арв ысси дзыгъуыртæ. Бæлас доны ауагъта йæ хихтæ, Цыма малы баппæрста æнгуыртæ. * * * Куыстаин æз, чи зоны, хæхты, Фæлдæхтаин тракторæй зæхх. Фæлвæрдтаин стыр дугътæм бæхты, Нæ денджызтæй калдтаин цæхх... Цынæ куыст, дæсныйад ис царды. Мæ хъустыл куы ’рцыди фыццаг: Поэттæ, дам, басудзынц арты, Уæд равзæрстон уыцы фæндаг. 119
* * * Фæрсыс мæ мæ буц мадæй, чи уыд? — Йæ армы зынг хаста æдзух. Иæ ауæрста куысты йæхиуыл, Æхсыры тæф кодта йæ къух. Фæрсыс мæ мæ сахъ фыдæй, чи уыд? — Йæ армы цырагъ сыгъд æдзух. Цæхæр зæрдæ хаста йæ риуы, Мæиæуы тæф кодта йæ къух. * * * Кафт раджы райгуырд, раджы Иры, Лламтæн рацыди йæ кад. Куы-иу байдыдтой уыдон сирын Уæд-иу са* сæрмæ рыг ысбадт. Кæрæдзиуыл нæ хæхтæ афтæ Кыр дæр дæларм-уæларм хæцынц. Цыма æрлæууыдысты кафты Æмæ аламнæгты фæзмынц. * * * Мæ уарзои æмбæлттæ, зæгъын æй: Куы кæнон æрхæндæг, æнкъард, Уæд-иу мын æрцæгъдут фæндырæй, Æмæ та ныннæрдзæн мæ зард. Куы ссæуон æнафон быдырæй, Фæскуыст та куы ныууон фæллад, Уæд-иу мын æрцæгъдут фæндырæй, Æмæ Те! ныннæрдзæн мæ зард. * * * Лæг кæм нæ, кæм нæ вæййы йæ фынты: Цыма айнæг къæдзæхмæ ысхылдтæн, Абадтæн зæрин хурæн йæ тынтыл Æмæ уайтагъд дунейыл æрзылдтæн... 120
Æз нæ дарын мурмæ дæр мæ фынтæ, Уым æнцон у, тагъд дзы уайы рæстæг. Хъуамæ æз мæ цин æмæ мæ зынтæ Фенон комкоммæ мæ цæстæй. * * * Зилы, зилы фидæнырдæм зæхх, Фæлæ не сты зæрдæтæ æмхуызон. Ахæмæн дæ рæсугъд фæндтæ зæгъ — Де сныхас кæмæн уыдзæн æхсызгон. Иуæй-нутæ — маргзæрдæ æдзух, Ницы ис сæ хъуыддæгты зæххысконд. Ахæм лæгмæ бадаргъ кæн дæ къух — Къух райсын кæмæн уыдзæн æхсызгон. * * * Ныннæрст та харбыз халсарты фыдæнæн. Йæ армыл æй æрæвæрдта ныр зæхх. Фæдзур-ма, цæй, дæ адæммæ, хуымгæнæг, Еблагъуæ сын дæ бæркад фынгмæ зæгъ. Дæ харбыз сын кæд циндзинад æрхæссид. Куы йыл рауадзай алмасийау кард: Йæ хуылфæй сæм ыскæсдзæни сæуæхсид, Сæ цæсгæмттæ сын срухс кæндзæн йæ арт. * * * Кусæджы арм никуы сæлы, Артау хъарм — æдзух. Магусайæн никуы кæны Хиды тæф йæ къух. Кусæг лæджы чемæ хъæуы Дард цæуын зынггур. Уымæн йемæ, йемæ цæуы Иудадзыгдæр хур. 121
* * * Стъалы арвыл уый тыххæй ыссыгъди, Уый цæмæй сылгоймагимæ барой. Ирд хур зæхмæ уый тыххæй æртылди,— Иумæ сыл сылгоймагимæ зарой. Арт дунейыл уый тыххæй фæзынди,— Иумæ зæхх сылгоймагимæ тавой. Амонд зæххыл уый тыххæй æрзылди,— Иумæ зын сылгоймагимæ сафой. * * * Фыццаг уал рахылди йæ хъузгæй, Нæма зыдта лæууын æпнындæр. Фæстæдæр ахстоны хылд узгæ, Сындæггай кодта уым гæппытæ. Йæ каст уый сарæзта цъæх арвмæ, Иæ бонтæ цингæнгæ нымадта... Кæнын æз булæмæргъæн арфæ, Уый ног зарæггæнæг кæй радта. * * * Лæг бадти уалдзæджы кæрдæгыл, Хъуыст цъиуты аив 1ъæлланг дардмæ. Æхсызгон уддзæф атыхст лæгыл, Æмæ æрфынæй уайтагъд згргмæ. Фæлæ дын кæрдæг уылæн фсстаг, Кæнынц фæдисы змæлд йæ сьфтæ. Хæрдмæ фæхауди тарсг лæг. Фестад. Уый фехъал сау калмы сыф-сыфмæ. * * * Нæ зæхх нæхæдæг аразæм нæ къухтæй, Ныккалдис ыл дзæвгар туг æмæ хид. Нæ мæт, нæ сагъæс зæххыл у æдзухдæр, Йæ баерхæдтæ дæр хъугмæ уой нрхи. 122
0, зæхх у махæн не ’видийгæ суадсн, Мах уымæй исæм хо:Чгаг æмæ цахх. Нæ зонд æмæ нæ армы тыхæй абон Æрдуйы онг дæр хъахъхъæд у нæ зæхх... * * * Хъамылы уаллснау ’вæзын: Дысон мыл ныбоадти пъæззл. Мæн нæ бауагътой фыдфынтæ Цæст æрцъынд кæнын æппындæр. Уынгмæ рацыдтæн æфхæрдæй, Фæлæ барухс и мæ зæрдæ Адæмы хæлар æьгасæй, Адæмы рæ:угъд иыхасасй. * * * Ды — бындур дæ, Æз — къæсæр. Ды — зынгхур дæ, Æз — цæхæр. Ды — æртæх дæ, Æз — æртах. Ды — къæдзæх дæ, Æз — гæнах. * * * Ды алы хатт дæр, алкæмдæр мæн агур, Бæлццон лæг, дам, йæ хорз фысымæн уаргъ у. Мæ минас фен. Фæндаггон лæг хæраг у, Нырма дæ фæндаг хуры тынау даргь у, Æфсæстæй хъуамæ рахизай хæдзарæй, Йæ хъарм дын ратдзæн фæндагмæ мæ арт дæр. Æмæ ма ноджы демæ айс мæ зарæг, Фæхондзæн дæ уый ноджыдæр ма дарддæр. 123
* * * Нæ горæт, дæу сæвæрдтам зæххыл, Цæмæй дæм нæ хæхтæ кæсой. Нæ рæсугъд фидæнмæ куыд тæхыс — Нæ быдыртæ, фæзтæ уыной. Кæнæм дæ нæ зæрдæтæй судзын, Дæу исы бæрзонддæр нæ къух. Нæ зæххæн ды дæр дæ йæ рудзынг, Кæлы дæ парахатæй рухс. * * * Цæуын мæ фæндагыл. Фæллад дæн. Нырма мын ис фадат, рæстæг. Æрæсæрдтон мæ уаргъ. Æрбадтæн, Кæсын: æвзалытæ, фæздæг.. Ам чидæр минас кодта тагъд-тагъд, Кæнæ га дзы рæстæгмæ цард. Фæндаггонæн йæ зынг ныууагъта.. Æмæ дзы скодтон ногæй арг. * * * Фыд-зæрдæ лæг мыл амбæлди æваст,— Уыдзынæн та æлæхъæн бон æнкъард. Уæдæ йæ риуы цас æрæмбырд марг, Йæ уындæй мыл цыма цъæх арв ныттар. Рæхыстæй сты цыма ме уæнгтæ баст. Мæ хæларыл та амбæлдтæн æз ког. Æнæхъæн бон мæ нал суадздзæни цин. Иæ зæрдæйы нæй иу мисхал дæр хин. Иæ фарсмæ æз мыггагмæ дæр цæрин... Иæ уындæй маргъау свæййын æз уæнгрог. I * * * Мигътæ арв ныууагътой гомæй, Хур тыбар тыбур кæны. Доны уылæнтимæ комæй 124
Зархг быдыртæм кæЛЫ. Зарынц сыфтæ бæрзыл, тæрсыл... Зс.рд/кыты бын сом фæци. Æфсир нæрсы. Æфсир нæрсы. Æмæ ууыл кæнынц цин. * * * Ме ’мдзæвгæйыл æз нæ кодтон тагъд-тагъд: Бахъуыди йæ райгуырдæн æхсæв. Æмæ ныр сæуæхсидимæ атахт, Ногæхст фатау у нырма уый тæвд. Адæмыл куыд сæмбæла уый хъармæй, Æмæ сæм мæ хъуыдытæ хæссы... Барæвдыдта чидæр уый йæ армæй, ’Мбалæн ын, æвæццæгæн, бæззы. * * * Фырцинæй нал лæууын нæ зæххыл, Бæллиццау мæ фæнды ыстæхын. Ысдæн æз бумбулийæ рогдæр, Фынддæс-ыссæдз азы æвзонгдæр. Фæнды мæ алкæмæ дæр худын, Мæ рустæ арты сыгъдау дудынц... Фæрсыс мæ: афтæ рог цæмæн дæн?— Ыскодтон хорздзинад кæмæндæр. * * * Усаг уый куы агуырдта, «Стыр» поэт уæд басгуыхти. Бинонтæ куы ракуырдта, Прозæмæ уæд рахызти. Чиныгкæсæг нал зыдта Уый фыссæгæй, лирикæй: Уый йæ ус куы расырдта, Басгуыхти уæд критикæй, 125
* * * Дæ зонд ды ма кæн адæмæн æвгъау, Дæумæ дæр кæсы дунейæн йæ сагъæс. Кæд дæм лæвар кæныны бар æрхауд, Уæд æй нæ царды стыр гуылфæнмæ бахæсс. Дæ рухсы тын нæ ахуысдзæн, уый зон. Нæ дын бамбæхсдзæн рæстæг дæр дæ къахдзæф. Фæтæниых ахуыргонд лæг æй бынтон Кæцæйфæнды дæр искæд бон ыскъахдзæн. * * * Царды дæр ды хъуамæ уай салдатау, Уа дæм ныфс æмæ æхсар. Сцæттæ кæн дæхи тæхынмæ уадау, Рæвдз дæ кусæн хотых дар. Бонмæ хъуамæ бахизай хæстонæй, Бон дын хъуамæ уа хæстау. Абон цауддæр ма разын ызнонæй, Знонæй ма рахæсс æфстау. * * * Ам уæвгæйæ алыхатт æрлæууын. Æз мæ зæрдыл сабибонтæ дарын: Уæлæ уым нæхи æруагътам нæууыл, Æмæ мын мæ фыд сындæггай зарыд. Баззади йæ рæсугъд хъæлæс комы, Хæхты астæу барджынæй æрцарди. Дымгæйæн дæр ахæссын нæ комы, Зарæгыл уым уидæгтæ æрзади. * * * Цæргæсы цæстыты федтон маст: Бакодта йæ къалатийы чидæр. Уыцы сахат арвмæ дæр нæ каст, Нал зыдта, уый нал уарзта йæхи дæр.
Цъынд цæстытæй доны ’ртæхтæ тагъд. Нал фæразы базыр сисын цæргæс. Цыма байсти дымгæйæн йæ тахт, Уалдзыгон æхсæрдзæнæн йæ хъæлæс. * * * Марг лæгæн нæ бадарин,— Æз нæ хъуызын сусæгæй. Адæймаджы «амарин» Æз æрмæстдæр худæгæй. Æз лæджы нæ афадин,— Никæд уыдтæн марджытæй. Адæймаджы бафсадин Хойраг æмæ зарджытæй.
ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ Ныййарæг, æнцой уæд дæ зæрдæ,— Зындæр ран куы ’взарон фæндаг. Мæн базырджын скодтай дæхæдæг, Дæхæдæг мæ скодтай уæндаг. * * * Хур йæхи найын дæр зоны, Донæн басгары йæ бынтæ. Ма ныппар уираг дур доны,— Хурæн аскъуындзæн йæ тынтæ. * * * Æнæхъуаджы цаутæ ма цас и!.. Фыдзонд лæг куы бафхæра дæу,— Дæ хъама дæ бахъуыди сласын, Уæддæр ма æрхъæцмæ фæлæуу. * * * Æнкъард у ингæн. О, фæлæ кæддæр Æвзыгъд салдæттæн азæлыд сæ худын. Ныууагътой нын сæ зæрдæты цæхæр Æмæ зæххыл æнусон арты судзын. * * * Ныппырхи бомбæ... Уый æрбатахт дардæй. Камы фæздæг йæ тыхæскъуыд ысхъистæй. Сыр\ д.идинæг, мæнæуы цъæх æвзартæ Сæ фыдæнæн бæрзонд сæ сæртæ систой. т
* * * Уый хæсты нæ ауæрста никæд йæхиуыл, Нæ бауагъта уалдзæг тымыгъ бонæй ивын. Йæ хъæбатыр хорзæхтæ абон йæ риуыл, Сырхбазыр уардитау гъсуымæн æрттивынц. * * * Цæстытæн сæ суадон — зæрдæ, Зонынц цин æмæ æрхæндæг. Уадз, фырцæхджынæй дæр хауæнт, Фæлæ маст цæссыгтæ ма уæнт. * * * Хъазуатон лæг куы саразай дæхицæй, Уыдзынæ куысты уæд мæнæн æмбал. Нæ зæхх ныр дæр ма хъуаг у, хъуаг нæ хидæй, Нæ туг та йыл æгæр бирæ ныккалд. * * * Æфсармæн у хæзнайау йе ссард, Дæхи йæ иууыл бакæн. Лæгæн, дам, йемæ гуыры йе ’фсарм, Дæ фаззонау æй хъахъхъæн! * * * Мады хъæбысмæ ныллæс — Батавдзæн дæ хуры хæрдгæ. Мады зæрдæмæ ныккæс — Схуддзæн дæм хъæбулы зæрдæ. * * * Адæм зæххыл ныхасынц сæхи, Уый — сæ цин, сæ фидæн æмæ хъыг. Иугæр зæххæй атыдтай дæхи, Дымгæ дæ уæд фестын кæндзæн рыг. 9 Арфае 129
* * * Æхсæвы нæма фæндыди сыстын, Фæлæ стахт йæ нрд базыртыл бол Талынгæн фæхæцыди йæ дыстыл, Сласта йын йæ сау зæлдсг хæдн. * * * Сыгъдæг уæлдæф нæм не ’вдисы йæхи, Фæлæ йын мах йæ диссаджы ад хатæм. Хæххон дымгæ нæм не ’вдисы йæхи, Фæлæ нæ рустæ ссырх вæййынц йæ батæй. * * * Æууæндын фидæны дæуыл, Ды арвы бæрзæндтæм тырндзынæ. Зæххыл уал сахуыр у цæуын, Гъестæй уæд къæдзæхмæ бырдзынæ. * * * Æз демæ хорзæй ну къæбæр хæрдзынæн, Кæндзынæн демæ хаттæй-хатт быцæу. Æз дын дæ рæдыд комкоммæ зæгъдзыиæн, Фæсаууонмæ та хъахъхъæндзынæн дæу. * * * Хæлар лæджы сгуыхт мæн æфтауы дисы, Фæндагыл æй нæ ныууадзин æмбисыл. Хæлары цин мæ хохы цъупмæ сисы, Иæ зыныл та дыууæ хатты фæриссын. * * * Кæс-ма, куыд уазал у фыдæх: Иæ быны баргъæвст зæхх. Кæс-ма, куыд хорз, куыд хорз у фарн: Йæ къухты зæхх ысхъарм. 130
* * * Зарæг у зæрдæ æвзарæг, Уый фæцæрдзæни æнус дæр. Зарæгыл куы ’фтауай зарæг, Уæд нæ цард фæуыдзæн рухсдæр. * * * Зæххы афардæг и уидаг, Уымæн уым ис, уым йæ цард. Хъуамæ адæймаг дæр фидар Афтæ адæмыл хæца. * * * Нæй рæсугъддæр, амондджындæр зæххæй, Уымæн æмæ улæфы уым лæг, Уымæн æмæ аразы уым лæг, Æмæ йæ нæ бауадздзæн фæлдæхын. * * * Нæ цыд уый никæдæм зынггур... Йæ зæрдæйæ цæхæртæ калд... Цæмæй мыггагмæ тава хур, Йæхæдæг уый тыххæй ныссалд. * * * Иæ зæхх мæ æлвасы йæхимæ, Цæмæй йыл мæ хидæй ныттадзон. Цæуын æз нæ зæххыл лæгтимæ, Цæмæй йыл лæджы фæд ныууадзон. * * * Фидæнæй мыл стыр хæс æвæрд ис: Хъахъхъæнæг дæп арвæн æмæ зæххæн. Лдæмты æиæхæлгæ Цæднс Хызг куыд уа хæстон арты бæллæхæй. 131
* * * Мæнæн рæсугъд ысты мæ фæндтæ, Æ.фсармимæ мæм ис æгъдау дæр. Цæмæй мын бамбæрзай мæ фæдтæ, Мæнæй уæд хъуамæ уай уæззаудæр. * * * Бæрзондмæ лæг цæуы сындæгдæр, Бæрзонд ныфсдæттæг у йæхæдæг. Бæрзондæн у йæ ран сыгъдæгдаер, Æмæ йæм сфæразы сыгъдæг лæг. * * * Бакодтон æз мæргъты цин мæхи, ЦуаноН; ма фехс! Базмæлдзысты фæзтæ. Цьиутяе арвмæ сисдзысты сæхи Æмæ зарæг атæхдзæн сæ фæстæ. * * * Æз шшы фæдардтон æмбæхстæй, Л\æ куыстмæ никуы кодтон зивæг. Уыдзæн уый ме ’стырдæр хæрзиуæг: Кæд исты баззайа мæ фæстæ. * * * Мæ хъуыды арвы фæзмæ фехстон, Цæмæй ныйирд, ныррухс уа талынг. Цæмæй мæ армы къуырфы фестой Зæрин хур æмæ стъалы. * * * Мæн нæ фæнды уддзæф уæвын, Уый куы нал вæййы, куы стæхы. Мæн фæнды æндон хох уæвын, Уый æнгом хæцы нæ зæххыл. 132
НÆМГУЫТÆ Хъуамæ махæн не ’мдугон Уа æдзухдæр не ’мдугъон. * * * Цъиуы хæлæг каст æмбарын: Нал уæнды мæ фæстæ зарын. * * * Мндбылты худаг цæстытæ Хатгай равæййынц мæсты дæр. * * * Зæххимæ куы уат хæлæрттæ, Ракæндзæн уын уæд лæвæрттæ. * * * Сау мæрыл дæ хид ныттадз, Æмæ дзы мыггаг ныссадз. * * * Зæххыл магуса куы бафтид, Мæр уæд хорæй уаид афтид. * * * Чи дæтты йæ фæллой хуымæн, Зæхх бæркæдтæ уары уымæн. 133
* * * Размæ айгæрдынц фæндæгтæ Зондджын æмæ ’хсарджын лæгтæ. * * * Ам лæг ацыди фыццаг, Стæй та... Стæй фæзынд фæндаг. * * * Сыгъдæгæй чи хæссы йæ ном, Уый адæммæ кæсы æргом. * * * Разæй цæуæгæн у зын, Фæлæ йæ хъæуы фæзмын. * * * Хорздзинад ыскодтай абон? Гъе, гъеуый дын, мæ хур, амонд. * * * Дæ зынг ын арт кæнынæн ратт, Фæлæ йыл макуы бафтау арт. * * * Ныййарæгæн хъæбулы скаст Æдзухдæр у йæ хурыскаст. * * * Йæ дзырд кæмæн у хинæвæрд, Гъеуый йæ дзуры хинымæр. * * * Зæххы сабийау рæвдау, Æмæ дын уыдзæн рæдау. 134
* * * Зæрдæ, къæхтæ æмæ къух Иу хъуыддаг кæнынц æдзух. * * * Куы фæбæзза лæгæн йæ фырт, Уæд уый — йæ кад æмæ йæ цырт. * * * Лæгæн кæнынц йæ кад бæрзонд Иæ ныхас, йе ’гъдау æмæ зонд. * * * Лæгæн нæ гуыры карз нозт йемæ, Æмæ йæ ма лымæн кæн демæ. * * * Раттаг ысты кæд дæ къухтæ, Сой сæм тæдздзæн уæд æдзухдæр. * * * Фидæнырдæм чи кæсы, Уаргъ дæр уый фылдæр хæссы. * * * Саузæрдæ лæджы дзырд — марæг, Хорз лæджы ныхас та — зарæг. * * * Æнæхъуаджы æфхæрдæн Нæ бары никуы зæрдæ. * * * Фæдзæгъæл дæ? Лæджы фæд агур: Æнæмæнгæй уый, зон, фæндаг у. 135
ОМОНИМТÆ Æгадæй чи цæра нæ хъæуы, Мæн ахæм хæлæрттæ нæ хъæуы. * * * Фæндаг ку’ алæгъз кæна къахæн, Уæд æнцон цæуæн у къахæн. * * * Зилы, зилы дымгæ комы, Фæлæ быдырмæ нæ комы. * * * Рацу, æмæ мемæ ахъаз, Уый уыдзæн дæуæн дæр ахъаз. * * * Къилиуы æрцавтон хъилæй, Фæлæ баззад уæддæр хъилæй. * * * Зымæгæн тыхсæм йæ митæй: Зæхх та бамбæрзта йæ митæй. * * * Бафæндыд æй хохы сæрты ахизын, Æмæ дзы йæ фосы рæгъау ахизын. 136
* * * Цæй, кæм ис дæ Аласа? Иу хатт мæн дæр аласа. * * * Хохы тигъыл цалх куы банцад, Уæд йæ тулынæй дæр банцад. * * * Род æвиппайд’ аци хъомыл, Æмæ иу хъуг бафтыд хъомыл. * * * Ды цæмæй йæ хæлар бауай, Уый тыххæй йæм худгæ бауай. УС * * Бæласæй куы ’рхауа тæрс, Бамбийынæй йын уæд тæрс. * * * Радтой йын æфсæддон цин, Æмæ ууыл кæны цин. * * * Ацы комæй сырд Раджы æрцыд сырд. * * * К*д фæцис дæ дзабыр дард, Фехс æй бырæттæм уæд дард. * * * Ьирæ уарзын æз æрыскъæф. Ех\, æмæ та дзы æрыскъæф! 137
Сты апæхъæнæй æфсад Æмæ, дам, сæ ды æфсад. * * * Саргъы бын — æфтаугæ, Фа?ла» у æфтаугæ. * * * Афта. сайдта, афтæ барæн Æмæ йын нæ уыди барæн. * * * Арæх æй куы уа кæрдæг, Уæд хуыздæр зайы кæрдæг. * * * Ратахт комæй ниугæ уад, Æмæ рыг йæ фæстæ уад. * * * Сугæн æз æрластон хъæд, Æмæ хорз рауад йæ хъæд. * * * Кæд нæ аскъуыди дæ хал, Гъеуæд æй сындæггай хал. * * * Кодта доны сæрты хид, Æмæ калд йæ ныхæй хид. * * * Ломæй хорз куы фæцис ихæн Нал кодта гъеуæд уый ихæн. 138
* * ж Абондæргъы уары, уары Æмæ нын æртæхтæ уары. * * * Уый йæхи конд ауындзæн Уайтæккæ дæр ауындзæн. * * * Быдыры рæсугъд æвзарæн Дардмæ дæр вæййы æвзарæн. * * * Тагъд та ралæудзæни сæрд, Гъеуæд-иу дæ къултæ сæрд. * * * Къалайæ конд тасæн Нæй гæххæттау тасæн. * * * Хистæрмæ лæмбынæг хъус Тмæ хайæн райсай хъус. * * * Дугрæн ды куы скодтаис хæцæн, Уæд дæумæ нæ уыдаид хæцæн. * * * Раздæр уал лæгъз фæндаг сараз, Уыйфæстæ йæм де ’ргом сараз. * * * Дæу мæ хуыздæр хæлар хонын Æмæ дæ нæхимæ хонын. 139
Ды кæд базыдтай нымайын, Дæу уæд хорз гуырдыл нымайын. * * * Хорз уæйгæнæг базары Фырцинæй дæр базары. * * * Хус къæцæлау æз куы судзин, Уæд мæ ном нæ хуинид судзин. * * * Бирæ уарзын æз нæ цæуы, Хуыммæ уый дзæгъæл нæ цæуы. * * * Мыггаджы æвзæрæн Хорзæй нæй æвзæрæн. * * * Радгæс нал кодта дымгæ, Уымæн æмæ уыд дымгæ. * * * Ды кæд рараст дæ мæ фæдыл, Цу кæронмæ уæд мæ фæдыл. * * * Æз дæн хорз хъуыддæгтыл ахуыр, Æмæ уымæн кæнын ахуыр. 140
СÆРГÆНДТÆ Ленинæн 3 Ленины фыстытæ 4 Амонд 5 Иумæ 7 Анджелæ Девисæн 8 Чилийы хъæбатыр 10 Поэты мæлæт 12 Зары Виктор Харæ 14 Луис Альбертопы зæрдæ 15 Корвалан Мæскуымы . . . . . . 17 Нæ зæхх 18 Бæлæттæ ... 20 Æнусон арт 21 Мад 22 Нæи цæрæн æнæ фæндырæй хъæуæн ... 24 Кæм ис мæ фыд? 25 Мады сагъæс . . 26 Чызганæн та уæлахиз схастон 27 Орден 28 «Фæцис нæ хæст...» 2) Фидауынц зæххы хæрзтæ лæгæй .... 30 Арфæ 31 Уыдон мæ фарсмæ куы нæ уон 32 Быдырты фын 33 Бонмæ бæллыпц цъиутæ 34 Хъæууон зарæг . . 35 Бузныг, зæрдæ. , 36 141
Куы ныззары фиййау Мæ къух .... Мады хъæбыс . Мæ зарæг .... Мæиæу .... Трактор ласы похцнтæ... . Уалдзæгæи зымæг фæкуыста Боны лæвар Зæхкусæджы ныхас нывгæнæгимæ Хорз лæджы цæстытæй . Афтæ дзы уыдысты адæм . Теркæп . . . Хур пæхи наны . Цæугæдон дæр фæлланы . Уæд мæнæн æнцондæр у цæр Уымæн сты йæ бар . Нæ комбайнер Уыпатæ Фæстаг улæфт . Мæ сыхаг Уалдзæг .... Æрыскъæф Æрдз, дам, алцыдæр æнкъары «Искуы дæ уæнгты...» Денджызмæ кæсгæиæ «Цард ис хуры...» . Фæидараст Фæндаг .... Хърихъуппытæ . Хæдтæхæджы фыст æмдзæвгæ Мæ абон мын дзуры Æхсæрдзæн Анс мæ зарæг демæ . Дæ къухты хъарм Авд хойы зарæг ... Афтæ тагъд кæдæм цæут? Уæд дæ тыхджындæр уарздзымæи 142
Рлссы чызгайæн йæ зæрдæ Иунæг дæ сурæт равзæрстон . Раздæр мæм цырагъы рухсау разындтг Æрыгои зæрдæ уарзаг у . Æртæхтæ Малусæг ...... «Ды мæпæн...» Цæмæи тæрсып... . Уайдзæф Фæрсыс .... Ныхас зоигæнмæ «Рапсомы сырх сæуæхсидæп...» Æмдзæвгæтæ сывæллоны тыххæй . Æмдзæвгæта* фæндыры тыххæн ХæхтæЛ рæсугъддæр — хæхтæ «Уарзон» сыхæгтæ .... Астрæнхъонтæ ..... Цыппаррæнхъонтæ .... Нæмгуытæ . ..... Омоннмтæ е 81 82 83 84 85 86 88 89 90 92 . 93 95 . 96 97 99 104 106 128 133 136
Гиго Николаевич Цагараев БЛАГОДАРНОСТЬ Стихи на осетинском языке Редактор А. И. Царукаев Художник У. К. Кануков Художественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректоры 3. И. М а р з о е в а, М. Г. Г а д ;•« л о в а ИБ № 401 Сдано в набор 26.10.78. Подписано к печа.,, 24.01.79. ЕИ 00334. Формат бумаги 70x90'/. Бум. тип. № 3. Гарн. шрифта литературна». Высокая печать. Усл.-п. л. 5,26+0,03 вкл. Учетно- иэд. листов 4,43+0,02 вкл. Тираж 1000 экз За- каз № 14276. Цена 60 коп. Издательство «Ир» Управления по делам изда- тельств, полиграфии и книжной торговли Сове- та Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орд- жоникидзе, ул. Тельмана, 16.
/ I •р
60 к