Текст
                    Ц11ГМХАТЫ /ИИХД/1
М1ГМ*
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1963


331(с161) Ц68 Ирон очерктæ кæсгæйæ, æнцонæй базонæн ис Цырыхаты Михалы æрмдзæф. Фыссæг йæ цæст дары, абон нæ царды цы а хеджи аг цаутæ цæуы, уыдонмæ. Бæстон сахуыр кæны йæ геройты цард, ныккæсы сæ алкæмæн дæр йæ миддунемæ. Автор фыесы нæ рæстæджы æцæг хъæбатыр- тыл; фæрнджын — сæ куыст, стыр — сæ фидæн, бæллиццаг — сæ хъуыдытæ. Очеркæн цифрæтæ æмæ фактты уацарæй бахи- зæн кæй ис, къуындæг агъуды кæй нæ быхсы, уый бафиппайдзæн чиныгкæсæг ацы очерктæ кæсгæйæ. Михаил Тасолтановнч Цирихов Дороги дальние зовут Очерки на осетинском языке Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1963
/&/ИкVУ1Г I Иæдæ райсом хæхтæм цæуæм зæгъут? — зæхбын чысыл уаты бæрæг астæу лæу- гæйæ нæ бафарста Зифæ. — Хæхтæм, — зæланггæнаг хъæлæ- сы уагæй дзуапп радта ме 'мбал æмæ цы- рагъы мынæг рухсмæ аивæй бакаст Зифæйы æрвгъуыз цæстытæм. Чызг æй бафиппайдта, иуварсырдæм азылд æмæ загъта: — Æмæ цы кæны! Бафæлварут, æхсыр- хуыз мигътæ пъæззыйау кæм æрбадынц, уыцы бæрзæндтæм схизын. Фысымтæ уын дзы разындзæн. Ме 'мбалы цæсгомыл хъазыдис цавæр- дæр хъæлдзæгдзинад, афæлвæрдта хъазæн ныхæстæ кæныныл: — Æнæмæнг... Ахæм зæд немæ куы атæха, уæд Æфсати йæхæдæг нæ размæ ра- цæудзæн æмæ нæ фырцинæй йæ уæлныхты сисдзæн. Зифæ йæм фæцырд: — Дзæбидыры фыдæй уæ хорз фендзæн, хæхты риуыл уын бакæндзæн тинтычъи 3
хуыссæнтæ. Авд лæппуйы уын хъахъхъæ- нæг сæвæрдзæн. Залмы сыфтæ сæм рат- дзæни æмæ уæм бындз нæ бауадздзысты æввахс... Цы тæхудиаг стут! Хуры фырт уæм бахæлæг кæндзæн. — Ды та? — Æз дæр, гъе æрмæст буцхаст чызг нæ дæн... Тинтычъи гобан æмæ базыл мæ хуыс- сæг не 'рцахсдзæн. — Гъемæ иттæг хорз: авд лæппуйы нæ уыцы фыдбылызы дзынгатæй куы хъахъ- хъæной, уæд нын ды та дзæбидыры фыдæй физонджытæ кæндзынæ. — Тæрсын, æгæр куы фæхъæбæр уой æмæ сæ дæ дæндаг куынæ скæрд^, уымæй... Цæй, ныр та уал бавдæлут æмæ уæ фæллад уа- дзынмæ ацæут, райсом уæ сæударæй сыс- тын бахъæудзæн, — цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ загъта Зифæ æмаб рудзынджы цур- мæ бацыд. Мах рахызтыстæм уынгмæ. Арвыл ты- бар-тыбур кодтой стъалытæ, кæрæдзимæ ныкъуылдтой сæ ирд цæстытæ. Сау хохы чъылдымæй, ног æрхуы алгъацау, стылди мæй æмæ йæ æнæтафс фæлурс тынтæй ныр- рухс сты кæмттæ. Уæлæ хъæды Куырæйтты дон кæй хонынц, уый базмæлын кодта йе 'нусон фæндыр æмæ ныззарыди йæ иугæн- дзон зарæг. «Диссаг та куыд нæ у, — загътон æз мæ- хинымæр. — Ацы уæзæгыл райгуырдтæн, 4
ам схъомыл дæн, фæлæ никуы бафсæстæн нæ хæхтæм кæсыкæй...» — Цæуыл ныджджих дæ? — æрбасхуыс- та мæ ме 'мбал. Æз фестъæлфæгау кодтон. Мæ хъуыдытæ фæлырх сты. Дзуапп раттыны бæсты æмба- лæн йæхи афарстон: — Хасан, нæ фæлæ ма мæнæ ацы къуы- бырыл æрбадæм... Æрбадтыстæм. Бæстæ та ныссабыр. Аф- тæ мæм фæкаст, цыма хæхтæ тарф фынæй баисты æмæ никуал райхъал уыдзысты. Зи- фæйы уаты рудзынгæй нал калд рухс... Æз бафиппайдтон, Хасан уыцырдæм арæх кæй фæкæсы, уый; фæлæ мæхи ницы 'мбарæг скодтон. Фæстаг хатт ма ацы къуЫбырыл куы бад- тæн, уæдæй нырмæ авд азы рацыд. Мæ фы- сымты лæппу Хасан дæр мемæ уыдис. Æмæ уæд уый адæймагмæ комкоммæ бакæсын дæр нæма уæндыдис. Ныр йæ фындзы бын бæрæг дарынц сатæг-сау лыстæг рихитæ. Асæй — бæрзонд, уæнгджын. Кондæй дæр æмæ уындæй дæр йæ фыды цæрмыстыгъд бакод- та. Æвæдза, хъæуы аргъ лæг уыдис йæ фыд Ладемыр. Хасан æй дзæбæх кæм хъуыды кæндзæн! Джимарайы комы хæзнатæ агур- гæйæ куы бабын, уæд Хасаныл дыууæ азы дæр æххæст нæма цыдаид. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы. Æрæгвæззæджы уа- зал дымгæ радымдта хæхтæй'. Комы сæрмæ сæхи дæлиау æруагътой здыхуыз мигътæ. 5
Хаста лыстæг сæлфынæг. Иу ахæм райсом йæ цъæх бæхыл сбадт Ладемыр, йæ уæлæ — урс нымæтхуд æмæ сау уæйлаг нымæт... йæ фæсарц — кæттагæйхуыд стыр хордзентæ. Кæдæм цыд, уый тыххæй никæмæн ницы загьта. Ничи йæ ницæмæй фарста, Би- нонтæ дæр æмæ хъæубæстæ дæр зыдтой: иу- гæр Ладемыр ахæм дарæсы йæ бæхыл сбадт, уæд йæ балц дыууæ-æртæ бонæй къаддæр нæ ахæсдзæн. Фæлæ æртыккаг бон нæ фæ- зыйд Ладемыр. Нæ фæзынд цыппæрæм бон дæр. Æрмæст фæндзæм бон, дыууæизæр астæу сæ кæрты æрбалæууыд йæ бæх. Уыди цъыфæйдзæгтæ, уый фæстæ бон та Ладемы- рæн йæхи æрхастой сынтыл... Фондз æмæ ссæдз азы рацыд уæдæй ныр- мæ. Сæ бынæттæй нæ фезмæлыдысты хæхтæ. Уыцы иу хуызон сæрыстырæй лæууынц цъи- титаб. Æхситт кæнынц хæххон дымгæтæ... О, уыцыиу хуызой рæсугъдæй баззадис æрдз, фæлæ афтæ зæгъæн нæй, æмæ нæ хæхты ницы ивддзинæдтæ æрцыд. Уæлæ Гæндары рагъ, Æфцæгхуссæрттæ, Фæсаллахъа. Дыу- уæ азы размæ сыл сæ арм æрæвæрдта хæхты хæзнатæ агурæг экспедици. Бирæ рæтты дзы фæзынди ног фæндæгтæ, тахтæтæ. Джимарайы фале, Чысыл кæртытæ кæй хо- нынц, уым, цъитийы дымджытæм æввахс, сырæзыд ног хъæу. Уым цæрынц кусджытæ. Электрон тёлтæ, хæлуарæджы тынтау, сæхи анывæзтой Хъахъхъæдуры рæгътыл æмæ ныххызтысты Куырттаты коммæ. Уым, хох- 6
рæбын скуыста æрзæтссæн ног фабрикæ. Фæуæрæхдæр ком æмæ дзы дыууæрдæм тыннывæндæгау кæнынц уæзласæн маши- нæтæ. Хасан æнæуынгæ нæу уыцы ивддзинæдтæ, фæлæ, æвæццæгæн, ныртæккæ йæ фæсоныр- хæджы дæр нæй, уыдон йæ фыды рухс но- мимæ бает кæй сты, уый. Мæн та ныртæккæ нæ фæнды, йæ зæрдыл ын сæ куы æрлæу- уын кæнин, уый. Мæнæн æхсызгон у, æры- гон инженер-геолог йæ фыды фæндтæ æмæ бæллицтæ æххæст кæныны фæндагыл кæй æрлæууыд, уый. Цымæ цæмæн у сагъæсхуыз Хасан? Æрдæбонсарæй йæм аивæй цал хатты бакастæн! Уый йæ цæстытæ нал æмæ нал исы Зифæйы рудзынгæй. Æвиппайды ныннæрыд ком. Барызти зæхх. Бæрхиуы гæмæхтыл фæпырхи сау фæздæг æмæ хæхтыл фæлæсы мигъау. Уый та кæмдæр Хасаны æмбæлттæ срæмыгътой хох. Лæппуйы цæстæнгас фескъуыд Зифæйы талынг рудзынгæй æмæ топпы нæмыгау атахт хæхтырдæм. Йæ хурсыгъд цæсгомыл ахъазыдис цавæрдæр циндзинад. Бахудтис. Æз æм фæкомкоммæ дæн: — Дæ хорзæхæй, цæуыл худые? — Афтæ... — Уæддæр цæуыл? — Цуанон сырдыл цае арæхдæр æмбæ- ла, уыйбæрц фылдæр цин гуыры йæ зæр- дæйы. Æз дæр афтæ — ком срæмыгъдтытæй цае арæхдæр фæнæры, уыйбæрц рогдæр кæ- 7
нынц ме 'уæнгтæ... Уæдæ ма геолог та цæ- мæн дæн?.. Цæй, цом æмæ нæ фæллад суа- дзæм... — Зифæйы рагæй зоныс? — нæхимæ куы рараст стæм, уæд бынтон æнæнхъæлæджы бафарстон Хасаны. Лæппу йæ цыд фæсабырдæр кодта. Цыма мæ нæ фехъуыста, исдугмæ йæхи афтæ дард- та, æрæджиау фæлмæн хъæлæсы уагæй дзуапп радта: — Ныр дыккаг аз... Цæмæн мæ фæрсыс? — Афтæ æнæуи... Дзæбæх чызг мæм кæсы. — Тынг дзæбæх чызг у... Зондджын, æм- баргæ, хæрзæгьдау... Æнæхъæн хъæубæстæ дæр æй' сæхи хъæбулы хуызæы уарзынц... — Ды та? — Æз та мæ хойы хуызæн... Уæвгæ мын хо дæр нæй, фæлæ... Раст дын куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ тынг цæуы, фæлæ йæм æр- гом ныхас скæнын никуы суæндыдтæн. — Кæд дæ фæнды, уæд ын райсом æз зæгъдзынæн. Немæ нæ цæудзæн? — Нæ хъæуы, мацы йын зæгъ... Искуы йын мæхæдæг зæгъдзынæн... — Адæм хуымгонд куы фæуой æмæ дзы- вылдар фæстæмæ куы атæха, уæд? Хасан ницы сдзырдта, хæхтæм кæсыныл та фæцис. Цæмæдæр гæсгæ мæм æрæджиау фæсмон æрхъардта, лæппуйы рæсугъд æмæ сусæг æнкъарæнтæм афтæ æргом кæй бавнæлдтон, уый тыххæй. 8
II Сæударæй нын нæ рудзынг æрбахоста Зифæ. Мах тагъд-тагъд акодтам нæ дзау- мæттæ æмæ кæртмæ рахызтыстæм. Зифæ спортивон костюмы лæууыди къæсæрыл. Йæ уæхсчытыл æнгом æлвæст уыди бæлц- цоны хызын. йæ къухты ставдгомау цъуй лæдзæг. йæ цуры куы æрлæууыдыстæм, уæд нын нæ былтæ ныццавта хосы тæф. Зифæ фиййæуттæм афтид къухæй никуы фæцæуы. Бирæ цыдæртæ сын ахæссы йемæ. — Зифæ, мæ къона, мæ лæппуты мын дзæбæх фæндæгтыл акæн, — уынгмæ рахи- зынмæ куыд хъавыдыстæм, афтæ нæ фæдыл радзырдта нæ фысымты зæронд ус. — Фæн- даг даргъ у... Уемæ исты айсут... миййаг куы сæххормаг уат. — Ма нын тæрс, нана... Дæ лæппуты дын фæстæмæ сæрæгасæй сæмбæлын кæндзынæн хæдзарыл... — Хорз, хорз, мæ къона... Лæппутæ; сы- махæн уæ бар уæхи, фæлæ мын Зифæйы бахъахъхъæнут, — ноджыдæр ма иухатт нæ хъустæ ацахстой зæронд усы ныхæстæ. Сау хохы сæрмæ тыбар-тыбур кодта бон- вæрнон. Хæхтæ ма зындысты уыцы сабыр æмæ тархуызæй. Урс æврæгъты гæппæлтæ апырх сты сæ сæрмæ. Цъититæй згъордта сæууон дымгæ, уæнгтæ рог кодтой. Æрыгон зоотехник разынди, æнхъæл куыд нæ уыдтæн, ахæм цæрдæг æмæ зæрдæ- $
ргъæвд. Сæгуыты лæппынау цыдис нæ разæн æмæ нæ ирхæфста йæ хъазæн ныхæстæй. Хаста нын алыхуызон тауырæгътæ. Дзырдта нын хæххон сæрвæтты æмæ фосдарæнты тыххæй. Уæллаг Къæйдарæнмæ нæ бирæ нал хъуы- дис, афтæ хуры фыццаг тынтæ æрбакалды- сты хæхтæм. Сæрттывтой цъититæ. Æвзис- тау тыбар-тыбур кæнын систа сæууон æр- тæх. Хæххон дымгæ айнæджы тигътæй скъæфта зымты цъæхснаг къуыззитт. Кæ- цæйдæр хъуыстис фиййау куиты рæйын. Æз рахатыдтон: Зифæ бæрæг фæхъæл- дзæгдæр. Иуцасдæр аразæй махæй. йæ къæхты бынæй стахти цъæх дзылы æмæ, цъыбар-цъыбургæнгæ, йæхи систа уæлдæ- фы. Чызг йæ фæстæ кæсгæйæ баззадис, стæй махырдæм йе 'ргом раздæхта æмæ нæм сдзырдта: — Тагъддæр змæлут... Цалынмæ мигъ нæма æрбадт, уæдмæ уæллаг Къæйдарæнмæ куынæ бахизæм, уæд фиййæуттæн сæ фæд нал ссардзыстæм. — Ау, ацы хæхтæй дарддæр фæцæудзы- сты? — бакодта Хасан. Зифæ ницуал сдзырдта, каста уæллаг Кьæйдарæнырдæм. Уым, егъау кæфойгомы, фæзынди урс мигъы чысыл гуппар æмæ, фæскъæуттæгæнгæ, лæсыди мæцкъуыджын фæхстыл. Чысыл фæстæдæр райдыдта лы- стæг сæлфынæг хæссын. Дымгæ не 'нцади. Уый Къæйдарæны кæфойгомы хъазыдис 10
мнгъы къуыбылойæ. Зифæ йæм касти уыцы æдыхстхуызæй æмæ нын бамбарын кодта, зæгъгæ, сахаты фæстæ уыцы мигъы къуыбы- лой йæхи айсдзæн Мидæгдзуандонмæ æмæ нæ къæвдайæ бахиздзæн. Зифæйы ныхæстæ нæ фæмæнг сты: цалынмæ уæтæрмæ хæц- цæ кодтам, уæдмæ арв ногæй раирд æмæ та уыцы рæсугъдæй разындысты хæхтæ. Дæ- лиау, комы нарæгæй, хъуыстис хæххон доны æмыр уынæр... Мах фæллайын байдыдтам, фæндыд нæ иу чысыл баулæфын, фæлæ нæ Зифæ дзæв- гар адарди. Хъуыдис æй баййафын. Цалдæр хатты йæм ныхъхъæр кодта Хасан. Мæн <фидарæй уырныдта — Зифæ йæ фехъуыста, фæлæ нæдæр йæ цыд фæсабыр кодта, нæ- дæр нын дзуапп лæвæрдта. Къæйдарæны кæфойгомы сæрмæ дымгæ систа рæсугъд зарæджы зæлтæ æмæ сæ йæ базыртыл уæлдæрæй-уæлдæр хаста. Хасан æрлæууыд. Бæлвырд уыд: уый хъуыста за- рæгмæ. Нæ, Зифæйы хъæлæсмæ хъуыста, уымæн æмæ уыцы зарæджы алы дзырд дæр йæ туджы сфыхти Хасанæн. — Байхъус ма йæм, байхъус... Хæхтæ йæм куыд хъырнынц, бæстæ йæм куыд æрыхъуы- ста... Æз байхъуыстон лæмбынæгдæр. Зифæ зарыд æмæ зарыд: На прощанье нябес синевою, Чистотою студенной волны. 11
Голубою заветной Полярной звездою Поклялись в нашей верности мы... Цавæрдæр æбæрæг тых фесхуыста Хаса- ны æмæ, цыма зарæджы зæлты æрцахсын- мæ хъавыдис, уый хуызæн размæ атахти^ Стæй'дыууæ хъæлæсы — сылгоймаджы æмæ- нæлгоймаджы сыгъдæг хъа^лæстæ б а ну сты хæхты: А путь и далек и долог, И нельзя повернуть назад... Держись, геолог, Крепись, геолог, Ты — ветра и солнца брат! Хасан баййæфта Зифæйы... Дыууæйæ дæр комкоммæ кæсынц кæрæдзи цæстытæм. Æз сæм æввахсæй-æввахсдæр кæнын. Мæ цæ- стæнгас сæ нал исын. Уыдон ницы дзурынц. Æппынæрæджиау мæ хъустæ ацахстой Зифæйы фæлмæн хъæлæс: — Цæй, цы мæм ныккастæ!.. Фыццаг хатт мæ федтай, æмбал геолог? — Фыццаг хатт, æмбал зоотехник... Дыууæйæн дæр сæ цæсгæмттыл хъазыды- сты сæууон хуры тынтæ, хæххон дымгæ сын цыдæр зарыд йæ сыгъдæг хъæлæсæй... III Уæллаг Къæйдарæны ма баййæфтам дыу- уæ фиййауы — Саукуыдз æмæ, иу ссæдз азы 12
кæуыл цæудзæн, ахæм цардхуыз лæппу Сакройы. Уыдон райхæлдтой сæ балаган æмæ саргъы бæхтыл амадтой хойраг, уæй- лаг нымæттæ æмæ æндæр дзаумæттæ. Бæрæг уыдис, фиййæуттæ æндæр ранмæ ивынвæнд кæй скодтой, уый. Зифæ лæмбынæг фарста зæронд фиййауы: — Цы ис ног хабарæй? — Хабæрттæ хæссæг сымах фæут... Цы хабар уа æдзæрæг рындзытыл... — æнкъард хъæлæсы уагæй загъта Саукуыдз. Æз мæхи нал баурæдтон: — Фосы фæдыл цæуынæй нæма бафæл- мæцыдтæ, Саукуыдз? Рагæй дæ ам? Уый мæнырдæм фæзылди. Æвæццæгæн æм диссаг фæкаст, йæ номæй йæм кæй сдзырдтон æмæ йæ хицонау кæй бафарстон, уый æмæ мæм хæстæгдæр æрбалæууыд. — Акса, куынæуал дæ базыдтон!.. Кæцæй фæдæ дæ фыдæлты бæстæм? Дæ уынд мын тынг æхсызгон у. Дæ фыд рухсаг уæд, бирæ бонтæ æмæ æхсæвтæ арвыстам ам иумæ, — загъта Саукуыдз, Мидæгдзуандонырдæм йæ сæрæй ацамонгæйæ. — Гъы, æмæ куыдтæ стут? Куыдтæ цæры дæ зæронд мад? Æз ын цыбырæй мæ хабæрттæ радзырд- тон. — Хорз, мæ хур, хорз, — йæ сæр батылд- та Саукуыдз. — Дæ амонд бирæ уæд. Ма- хырдæм никуы цæфтыс æви? Куыд никуы нæ абæрæг кæныс? Стырзæрдæ ма кæн дæ фыды хæлæрттыл, мæ хур... 13
Ныхас ныхасы къахта, зæронд фиййау нын ракодта йæ царды хабæрттæ. — Иунæгæй баззадтæн,—дзырдта уый. — Нæ лæппуйы хабар нын фехъуыстаис... йæ мады та йын фарон баныгæдтам... Æгæр уæззау цæфтæ мыл сæмбæлд фæд- фæдыл, фæлæ лæг зынтæн фæразон у. Нæ хæхтæ мын ферох кæнын кодтой мæ судзгæ зиантæ... Рагæй æрæгмæ ацы фосы фæдыл рафтыдтæн, фæлæ сыл мæ къух сисын мæ бон нæу... Абон—ам, райсом—уым. Рæстæг цæуы, бонтæ згъорынц. Дымгæ лæджы мает ахæссы, хæххон къæвдатæ йын æрæхсынц йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ æмæ та ногæй цæ- рын райдайы... Цæй, мæ хъарджытæ кæны- ныл уын фæдæн... Кæцырдæм у уæ фæнд.аг? — Сымах бабæрæг кæнын æрæфтыд нæ зæрды æмæ уæм мæнæ Зифæйы руаджы тыхтæ-амæлттæй схæццæ стæм. — Мæнæ ацы чызгæй зæгъыс? Йæ амонд бирæ уæд, æгъдауджын чызг у, — загъта Саукуыдз. — Цыдæр лидзæг адæмы хуызæн стут, — бафиппайдтон æз. — Нæ зæрды Мидæгдзуандонмæ аивын не... Ам æгæр сæнтæф, бындз сарæх æмæ дзы фос зæрдиагæй нал хизынц... Стæй нæ мæнæ ацы дзæгъæлдзуаг адæм дæр хъыгда- рынц, раст дын куы зæгьон, уæд. — Уый чи? — фæдис кодтон æз. Саукуыдз исдугмæ ницы дзуапп радта, стæй Бæрхиуыкоммæ акæсгæйæ, загъта: 14
— Ныр цалдæр азы хæхты рабыр-бабыр кæнынц, хæзнатæ, дам, дзы агурæм... Алы рæтты зæхх сызмæстой, хæхтæ бакъахтой æмæ замманайы сæрвæтты сыджыты бын ныккодтой. Æмæ ма уый дæр цыфæнды фæ- уæд, фæлæ нын Къæйдарæнæй дæлæмæ нæ фосы ауадзæн никæдæмуал ис. Цыдæр акъоппытæ дзы скъахтой 1æмæ дзы иу мæй- дар æхсæв адæймаг йæ бæрзæй куы ныссæт- та, уымæй тас у. Æндæрæхсæв та дзы нæ совхозы фооæй дæс æмæ ссæдзы бæрц нык- калд... — Уый кæм? — бæлвырд нæма бамбæр- стон Саукуыдзы ныхас. — Кæм цы хоныс? Ау, æмæ ницы фехъуы- стай? Фæсаллахъайы... Фарон дзы уыцы хæзнаагурджытæ цавæрдæр дзыхъхъытæ фæкъахтой... Уæлæ, дам, мæрдты рухсаг уа, Ладемыры фырт дæр семæ уыд... Омæ сæ скъахæнт, фæлæ дзы кæд ницы разынд, уæд сæ фæстæмæ байдзаг кæн æмæ дзы фий- йæуттæ æдасæй сæ фос хизой... Хасаны цæсгом фæсырх, зæхмæ ныккаст æмæ хъуыста зæронд фиййауы ныхасмæ. Йæхи сраст кæнын та йæ куыд нæ фæндыд, фæлæ ницы сдзырдта. Йæ риуы схæлбурцъ ластой алыхуызон хъуыдытæ. Фыццаджы- дæр, ныртæккæ Саукуыдз цы дзыхъхъыты кой кæны, уыдонмæ Хасан ницы бар дары. Разамынд цы бригадæн дæтты, уый Куырт- таты комы æмæ Джимарайы фæкусы. Дык- 15
каджы та, уыцы дзыхъхъытæ фæстæмæ сыджытæй байдзаг кæныныл Хасан йæхæдæг дзырдта, фæлæ йæ коммæ кæсæг нæ ,фæцис. Геологон-сгарæг партийы разамон- джытæ йын цæхгæр загътой: «Дæ цæхдон кæм нæ уа, уым дæ къæбæр ма тул». Æр- мæст иунæг хъуыддагæй азымджын у Хасан — æгæр лæмæгъ разынд æмæ, æцæгдзи- надæй, «йæ цæхдон кæм уыд, уым йæ къæ- бæр стулынмæ» кæронмæ йæ ныфс нæ ба- хаста. Цымæ, уый куыд фæкæсдзæн Зифæ- мæ?-Цы. йæ схондзæн? Фæлæ йыл Зифæйы зæрдæ ницæмæй худт. Уый йæхæдæг знон хъуыддæгтæ би- ноныг базыдта. Совхозы фосæй дæс æмæ ссæдз фысы кæй аххосæй фесæфтысты, уы- дон сыл дзуапп ратдзысты. Зифæйы зæрдæ ныртæккæ æндæр цæмæдæр æхсайдта. Гео- логтæ сæ куыст кæнынц. Стæй цавæр куыст? Паддзахады æхсызгон чи хъæуы æмæ æгас бæстæйæн дæр стыр пайда чи æрхæсдзæн, ахæм куыст — зын, уæззау, фæлæ арфæ- йаг куыст. Уый Зифæ хорз æмбары. Раст нæу Саукуыдз. Зæронд фиййау йæхæдæг бамбардзæн алцыдæр. О, уый раст у, фæлæ цы хъуыддаг ис ацы минут зоотехник Зифæйы геологтимæ? Цæмæн дзура сæ сæрыл? Фиййæуттимæ иу зæххыл кæй» лæууынц, иу уæлдæфæй кæй улæфынц, иу донæй кæй нуа- зынц, уый? Цæуылнæ бафæрсы Зифæ зæронд фиййауы сæ царды æмæ сæ куысты ха- бæрттæй? 16
Цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уый- ау арф ныуулæфыд зоотехник. — Мидæгдзуандон, — бынтон сабырæй загъта чызг æмæ дзæвгар фæкасти, сау къæйты лæсæнты æхсæнæй цы нарæг урс тæлм зындис, уыцырдæм, стæй бафарста зæроид фиййауы: — Куыд сты йæ дарæнтæ? Дон дзы ис? — Нæ зонын, нæ зонын, мæ хур. Рагæй дзы нал уыдтæн. Иу ссæдз азы бæрц дзы фысы къах нал æрлæууыдис... Дарæнтæм фау æрхæссæн нæй — гобаны хуызæн фæл- мæн, лæгъз. Стæй мæм мæ зæрдæ афтæ дзу- ры æмæ йе 'мбисонды суадæттæ дæр нæ бахуыскъ уыдаиккой... Саукуыдз ницуал дзырдта. Уый фидар балвæста бæхы æхтæнгтæ æмæ йын йæ дзы- ларыл размæ ахæцыд. Йæ ныхасы æмæ йæ цыды уагæй даёр бæрæг уыду цæмæйдæр ма разы кæй нæу æмæ йæм бирæ дзурын кæй нæ цæуы, уый. Фæлæ йæм Зифæ ныууырдыг æмæ йæ дарддæр рафæрс-бафæрс кодта фосы уавæрæй, фиййæутты цардæй. Æмæ Саукуыдз дæр æвæндонæй, æрдæгскъуыд- дзæгтæй дзуапп лæвæрдта зоотехникæн. — Нæхи хъæбулы хуызæн дæ уарзæм... Ахуыргонд, зондджын, æмбаргæ адæймаг дæ... Алцы дæр зоныс, алцы дæр æмбарыс, æмæ ма мын зæгъ, цы уыдзысты иу къорд азы фæстæ ацы æвæджиауы сæрва&ттæ? Уыцы фарст фыццаг хатт нæ фехъуыста Зифæ. Бирæ азты дæргьы хæххон хизæнтæм Цæудэыстæм та дардмæ 17
зилæг нал ис æмæ сæ уавæр хорз нал у, зæгъгæ, йæм арæх æрбацæуы хъаст. Фыц- цаг хатт нæ ракодта ацы сæрвæтты кой Сау- куыдз дæр. Уый йæхæдæг Дæргъæвсы комы райгуырдис. Йæ сабийы бонтæ фиййауæй арвыста æмæ ма йæ зæрдыл дзæбæх лæууы, кæддæр-иу хъæубæстæ сæ уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæм куыд зылдысты, уый. Ралæууыд- иу уалдзæг æмæ-иу адæм базмæлыдысты. Чи халамæрзæнимæ, чи та чысыл къæпиимæ зылдис ацы рæгъты æмæ сæ сыгъдæг кодтой зæронд фæсалæй, къахтрй кæндысты бын- дзæфхæдтæ... Ныр та? Ардыгæй дзæбæх зынынц Арынг- гомы æмæ Бæрхиуы номхæссæн хизæнуæт- тæ. Стырдарæны бынмæ айтынг сты Зым- баты уæлвæзтæ. Кæддæр-иу дзы нæ фыдæл- тæ хъæбæрхор тыдтой, фæлæ ныр тархъæ- дау бамбæрзтой бурдидинæгджын залгъæ- дæй æмæ фæтæнсыф кæндысæй. Уыдоп та зæххæн уæнгæлæй уæлдай не 'сты. Кæндыс æмæ залгъæд кæм фæзына, уым фосхизынæн нал бæззы. Æмбары уыцы хъуыддæгтæ зоотехник. Зоны, залгъæды дидинæг кæнæ кæндысы сыфæй цы фыс фæхъæстæ уа, уымæн кард йедтæмæ кæй ницы хос ис, уый дæр. Фæлæ цы сараза? Фæстаг азты иу æмæ дыууæ хатты не 'рæвæрдтой фиййæуттæ ацы фарста нæ республикæйы хъæууонхæдзарады ми- нистрады раз, фæлæ никуы никæйы фæ- сонæрхæджы æрцыд сæрвæттæм базилыны 18
æмæ сæ раст пайда кæныны куыст боны фæткы æрæвæрын. Хъæугæ та кæны. Уымæн, æмæ залгъæд æмæ кæндыс бырсынц уæлæмæ, нырма кæр- дæг сойджын, арф æмæ æнæсахъат кæм у, уыцы рæттæм. Бæзджын хъуына æвæрын райдыдтой суанг Чысыл Мидæгдзуандоны алæмæты хизæнуæттæ дæр. Уыцы хъуыддаг ныртæккæ ссис ахсджиаг проблемæ. Уæлдайдæр та уымæн, æмæ ныр республикæйы партион, советон æмæ хæдза- радон разамонджытæ ногæй сæ хъус æр- дардтой хæххон фысты мыггаг сбирæ кæныны ахсджиаг фарстамæ. Ацы хабар æрæджы фехъуыстой фиййæут- тæ дæр æмæ сын æхсызгон уыдис. Æмæ та мæнæ ныр дæр йæ кой скодта Саукуыдз: — Кæд афтæ у, — загъта уый, — уæд ма мын иу къорд азы фиййау æнæфæцæугæ нæй. Мæхимæ цалдæр ирон фысы ис æмæ уыдон дæр рауæлдай кæндзынæн нæ совхо- зæн. Афтæ мæ ма бамбарут, æмæ æз мæнæ ацы гугын фысты мыггаг фесафæм зæгъын. Афтид сæ къуымбилы тыххæй дæр сæ да- рæн ис, фæлæ сæ нæхимæ ирон фыстыл куы абарæм, уæд бирæ цæмæйдæрты сты дзыхъхъы лæуд. Фыццаджыдæр, нæхимæ фыстæ бæхтæй уæлдай не 'сты хæхтыл цæ- уынмæ, низæн, уазалæн — дзæбидыртау фæ- разон. Гъе ныр мæнæ Джызæлы совхозмæ æхсæз мин фысы ис. Мæ хъустыл куыд æр- цыд, афтæмæй сæ нырæй фæстæмæ сæрд 19
дæр æмæ зымæг дæр ам, хæхты дардзысты. Æмæ уын æргом куы зæгъон, уæд æнцон схæссæн не 'сты. Æрмæст хос сын дыууадæс мин мæкъуылæй къаддæр нæ бахъæудзæн зымæг, стæй сæ зайыны рæстæг куь! 'рхæц- цæ уа, уæд та сын айдагъ хосы æвджид ныу- уадзæн нæй — хорæй сæм фæкæсын хъæуы. Уыдон нæхимæ фыстæ куы уаиккой, уæд та сын зымæг-зымæджы дæргъы æхсæз мин мæкъуылæй фылдæр нæ бахъæуид. Зымæ- джы сæ хуссæрттæм аздах æмæ дын миты быиæй фæсал къахæн кæндзысты, сæ гуы- бынтæ дзы байдзаг кæндзысты æмæ, къуту- ты хуызæн, сынæр цæгъдгæ уæтæрмæ ауыр- дыг уыдзысты... Æз лæмбынæг хъуыстон зæронд фиййауы ыыхасмæ æмæ мæ зæрдæмæ арфдæр хызти йæ диссаджы сурæт. Бамбæрстон, æрдæбон хæхты хæзнаагурджыты кой дæр æмæ хæх- хон хизæнты кой дæр дзæгъæл хуымæтæ- джы кæй нæ кодта, уый. Цы йæ хъæуы, цæ- мæ бæллы? Йæхæдæг куыд загъта, афтæ- мæй быптон афтидæй сбадт йæ бинонтæй, равдæлон йæ царды хуыздæр æмæ адджын- дæр бонтæй, фæлæ йæ зæрдæйы куырой нæма æрривæд рухс бæллицтæй. Уыцы рухс бæллицтæ та бает сты йæ адæмы, йæ бæстæйы иумæйаг амондыл. Мæнæ ныртæк- кæ дæр хæхты тæккæ бæрзонддæры рындз- тæм уыцы амонды сæрвæлтау сарæзта йæ ных... — Но-о-о! — даргъ аивæзта Саукуыдз 20
æмæ лыстæг бæрз уисæй хъавгæ февзыста бæхмæ. Йæ хъæлæс ын ысфæзмыдтой хæх- тæ. Фæрогдæр кодта йæ цыд æмæ нарæг къахвæндагыл схæрд кодта. Дыууæ фнй- йауы цæуын хъуыд Мидæгдзуандонмæ, мах та араст стæм, фосы дзугтæ кæм ахæлиу сты, уыцы сæрвæттырдæм, изæры та кæй фембæлдзыстæм, ууыл нæ зæрдæ даргæйæ. IV Фæссихор фос æрривæд кодтой Мидæгдзуандонмæ бахизæн фахсыл. Фиййæуттæ бадтысты цæлхæмбырдæй. Се 'ппæты кæс- тæр, Доттан кæй хуыдтой, уый сын цъи- тийæ æрхаста ихы фæзгъæртæ. Фиййæуттæ сæ нывæрдтой хъæдын къусты æмæ сыл дыгътой оæгъты хъарм æхсыр, афтæмæй йæ дойныйæн нозтой. Суазæг дзы кодтой мах дæр. Хъазæн ныхæстæ кодтой немæ. Ам дæр та ногæй рауадис хæххон еæрвæтты, зал- гъæд æмæ кæндысы кой. Гуыппырсар бурхил фиййау, йæ лулæйы цыллæ тамако нæмгæйæ, дзырдта: — Нæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц ацы аз, фос—хæрзхаст, æнæзиан, сæ къуым- бил—æнæхъæн æлмæрины дæргъæн... Дæле бындз сарæх æмæ мах дæр нæхи уæлæмæ- уæлæмæ исæм, уæдæ цы бакæнæм... Дæле фос хизынæн нал бæззы. Залгъæд æмæ дзы кæндысæй' ацæуæн нал ис. 21
Залгъæды коймæ йæ цæсгом гæзæтлæ фæ- сырх Зифæйæи. Афтæ йæм каст, дыма фий- йæуттæ азымы уый дарынц. Фæндыдис æй йæ мæстытæ скалын æмæ афтæ "зæгьын: «Мæнмæ цы ныууырдыг стут? Æз министр нæ дæн... Мæ бон цы у, уымæй мæхиуыл ни- цæмæй ауæрдын. Цы къуым, цы къуыбырæй нæ ракæсдзынæн, æхсæвиуат цы лæгæты, цы уæтæры нæ бакæндзынæн, ахæм нæй... Уæ- дæ цæмæй дæн азымджын?» Фæлæ йæхи ныуурæдта Зифæ æмæ бурхил гуыппырсар фиййауы цæхгæр бафарста: — Хорз, залгъæдыл сыгъд ссæуæд, фæлæ уæ къуылых фысты дзуг та? Уый дæр уын залгъæд æмæ кæндысы аххос у? Чердæм хъуамæ дзырдæуа сымах хуызæн æгоммæ- гæс адæмимæ? — Фиййау æгоммæгæс вæййы, суанг ма мæйдар æхсæвтæ æмæ тæрккъæвдатæн дæр сæттын нæ фæкомы, — ныхас хъазынырдæм аздахинаг уыд фиййау, фæлæ зоотехник дзырдта хъæддыхæй æмæ зæрдиагæй: — Уæ куысты цы хъуагдзинæдтæ ис, уы- дон æрмæст уæхи аххосæй сты, зæгъгæ, нæ зæгъын. Мах дæр нæхи бынтон аиуварс кæ- нынмæ нæ хъавæм, фæлæ нын нæ амыид- дзинæдтæ чи не 'ххæст кæна, уыдонæн та куыд гæнгæ у? — Сæттæм ыл, уый нæхи аххос у. Хæх- ты арæх фæуары æмæ фысты сæфтæджытæ дæр сфæлмæн вæййынц, хостæ дæр сын ни- цуал æххуыс фæкæнынц. 22
— Уарынты аххос нæу, — цæхгæр алыг кодта Зифæ.—Æнæхъæн мæй уæ фосы иу ран цъыфы æмæ хъоргъы кæй фæдардтат, фыццаджыдæр уый аххос у, дыккагæй та, сæууон æртæхы аххос. Ды рагон фиййау дæ æмæ хорз зоныс, хæххон хизæнты сæууон æртæх фысы сæфтæджытæн уæнгæлæй уæл- дай кæй нæу, уый. — Раст у уый. Фæлæ иын æндæр гæнæн нæй. Фос сæудары куы нæ ахизой, уæд бон- рæфты бындз сарæх вæййы, хизгæ нал фæ- кæнынц æмæ сыл фыд нал фæхæцы. — Уыдон иууылдæр æфсæнттæ сты. Уе 'гас дæр хорз зонут, фосы дарæнтæ дыууæ бонæй дыууæ бонмæ ивын кæй хъæуы æмæ сæууон æртæхæй хъахъхъæнинаг кæй сты, уый. Стæй ууыл дæр нæ хицæн кæны хъуыд- даг. Уæ зæрдыл ма лæууы, фарон нæм цытæ рауад, уыдон. Мæнæ Доттан йæхæдæг цард- æгас æвдисæн. Куыд хызтай дæ фосы? Дымгæйы ныхмæ-иу сæ сарæзтай, сæ фын- дзы хуынчъытæ-иу байдзаг сты рыгæй æмæ сыл-иу хуыфæг бахæцыд. Афтæ ма кæн, зæгъгæ, дын куы загътам, уæд пыл ды дæхи сцагътай: «Нал цæуыи фиййау! Алчидæр мын хицау ссис!». Фæлæ чи уыдис растдæр? Æмæ дæ хистæрты коммæ куынæ бакастаис, уæд та? Фарон æнæхъæн хæхбæсты сымах дзугæй фыдхъуыпдæр æмæ мæллæгдæр нæ уыдис, иыр та æнæхъæн республикæйы дæр уæ ном айхъуыстис. Коммунисток фæл- лойы хъазуатон сдæ. Акæс ма дæ дзугмæ. 23
Суанг ма йæм зæронд фиййæуттæ дæр хæ- лæг кæнынц... Доттаи æфсæрмхуызæй зæхмæ кастис æмæ йæ цæстыты раз лакъон доны уылæн- тау уадысты йæ фароны куысты нывтæ. Бирæ йын баххуыс кодта Зифæ. Сæ арм ыл фæдардтой Саукуыдз æмæ иннæтæ дæр. Раст фæндагыл æй сарæзтой. Æмæ сæ уый тыххæй бузныг у. Сæ хорздзинад сын йæ зæрдыл дардзæн, мæнæ хъæууопхæдзара- дон институты зоотехникой факультет каст куы фæуа, уый фæстæ дæр. Каст та йæ фæуыдзæн, æнæмæнг. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр ма йæ дыууæ азы хъæуы. Кæ- уылты атæхдзысты, уый зонгæ дæр нæ ба- кæндзæн. Суыдзæн зоотехник, Зифæйау зилдзæн хæхты, цæудзæн Хъызлары зымæ- гон хизæптæм, уарздзæн фиййæутты... Æрыгон фиййау йæ хъуыдыты афтæ дард афардæг, æмæ ницыуал бамбæрста, Зифæ æмæ зæронд фиййауы ныхас цæуыл ас- къуыд, уымæн. Нæ бафиппайдта, чызг йæ уæлхъус куыд лæууыд æмæ цæсткæсæнтæй Мидæгдзуандонмæ, сæ ног дарæнтæм куыд фæлгæсыд æмæ, «Æвæджиауы ран!.. Дисса- джы бæстæ!» — зæгъгæ, йæ мидбылты худ- гæйæ, куыд дзырдта, уый дæр. Доттан бадтис йæ уæйлаг нымæтыл. Зифæ та лæууыд æмæ цæсткæсæнтæй кастн, уыдта: зæронд Саукуыдз схызтис иу стыр дуры сæрм.æ æмæ, хæххон цæргæсау, фæлгæсыд йæ алыфæрстæм. Уый раджы схæццæ ис 24
Мидæгдзуандонмæ. Айтыгъта кæттаг цатыр. Азылдис йæ рагон бынæттыл. Сбæрæг код- та дарæнтæ æмæ æнхъæлмæ касти хуры æр- ныгуылдмæ — дзугтæ ардæм уæд æрбацæу- дзысты. Уартæ фæстæмæ æрхызти дуры сæ- рæй. Бацыд уæтæрмæ... Цыдæртæ архайы... Кæс-ма, арвмæ скалди цъæхбын фæздæг. Уый арты фæздæг у, Мидæгдзуандоны фий- йæутты рагон бынаты хицау зæронд Сау- куыдзы арты фæздæг. Ахсæв кусарт æна* акæнгæ нæ фæуыдзæн. Уый тыххæй раджы сиывонд кодта йæ уæрыччыты нарддæры. Фæлæ физонджытæ та чи кæндзæн? Зифæ æви Хасан? О, хæдæгай Хасан та цы дæл- дзæх æрбацис? Ау, немæ не 'ссыдис ардæм? Немæ нæ бадтис?.. Акса, уæлæ кæм балæу- уыд. Æмæ уæд йæ къухы та цы ис? Дуртæ? Æнæхайыр дын фæуæнт! Ам дæр сæ ма ныу- уадз æмæ сыл сывæллонау цин кæн... О, гормон, гормон, отпусчы куы дæ... Дæ фæл- лад иу чысыл уæддæр суадз. Æви дæ фос- дарджытæм хъусын нæ фæнды? Фæлæуу, æз дæ ахсæв физонджытæй хорз фæхынцдзы- нæн... Дæ амонд уыдис, æмæ дæ æрдæбоп Саукуыдз нæ базыдта... Зифæйы къухтæ æнцадгай-æнцадгай дæ- лæмæ бырæгау æркодтой. Ратасыдысты йæ лыстæг хурсыгъд æнгуылдзтæ æмæ цæст- кæсæнтæ Доттапы хъæбысмæ æрхаудтой... Базмæлыдысты фосы дзугтæ. Зад мæнæуы хуымтау фæйлауы бæзджын æмæ дзæгæ- рæгджын кæрдæг. Фиййæуттæ Мидæгдзуан- 25
донырдæм ауырдыг кодтой сæ дзугты разæй. Хъуысы сæ сабыр æхситт, нард фысты уасын... Мæнæ хæрз æввахсæй зынынц уæ- йыг цъититы фæзгъæр ихтæ... Дæлæ рагон фыстæдуцæны цурæй кæлы хус æхсæлыйы цъæхбын фæздæг æмæ сыгъдæг уæлдæфы здыхсгæ цæуы уæлæмæ. Куы иу, куы иннæ ранæй ныкъкъуыззит ласынц зымтæ. Сæ изæрон зарджытæ æмæ цæгъдтытæ кæны- ныл сбæндæн сты алыхуызон мæргътæ. О, изæр у ныр. Сызгъæрин доны тылдау ма хуры фæстаг тынтæм ферттывтой æврæгътæ æмæ хæхты сæрты ассæстой хуссарырдæм. Æвиппайды æрбатар сты арф кæмттæ. Цы- мæ уый изæры сау пæлæз райхæлд комы сæрмæ? Нæ, дæлæ дзы уыцы бæзджынæй слæсынц мигътæ. Уазал улæфт кæнынц. Хæхтæм сæ разæй скъæрынц сæ уазал æмæ уымæл комы тæф. Чысыл фæстæдæр мигъ, сау æмæ дондыппыр мигъ æмвæтæнæгæй схæлиу хæхтыл. Ныггыбар-гыбур, ныццæл- хъытæ ласта арв. Кæмдæр базмæлыдысты сау къæйты лæсæнтæ. — Уæтæрмæ, уæтæрмæ! — ныхъхъæр нæм кодта фиййæуттæй чидæр. Мах фæуырдыг кодтам фæлмæн зæйлæсæ- ныл. Ныссæххæтт ласта уарын æмæ цæсты фæныкъуылдмæ нæ дарæстæй иунæг хус æн- дах дæр нал аззад. Фиййæуттæ сæ дзугтæ здæхтой æхсæвдарæнтæм, фæлæ сæ мах нал уыдтам—скъуынгæ бæзджын мигътæ сæ æр- банорстой сæ хъæбысы. Бынтои баталынг. 126
Уарын нал æмæ нал æнцади. Фондз дзугæй дарæнты æрынцадысты цыппар. Сæ алы фарс зилдух кæнын систой фиййау куитæ. Цалдæр раны ссыгъдысты фонартæ, фæлæ сæ бон нæ уыдис мæйдары айгæрдын. Фий- йæуттæ уыцы хуылыдз æмæ тыхстхуызæй лæууыдысты сæ фосы уæлхъус. Фæлæ кæм ис Доттаны дзуг? Кæм ис Доттан йæхæдæг? Куыд æрæгмæ зыны? — Дотта-а-ан! — хæхты айзæлыд Саукуы- дзы бæзджын хъæлæс. Дзуапп дæттæг ын нæ фæцис. — Каем ныууагътат уыцы лæппуйы? — тыхстхуызæй фарста зæронд Саукуыдз йе 'мбæлтты. — Чысыл раздæр Циччы дарæны уæл- тигъыл æрбахæлиу сты й'æ фос, фæлæ мигь куы æрбадт, уæд æй нал федтам, — дзуапп радта чидæр. — Дотта-а-ан! — ногæй та мæйдары айзæлыд Саукуыдзы хъæлæс. Нæй. Ничи йын ратта дзуапп ацы хатт дæр. Рæстæг цыд. Мигъ бæзджынæй-бæзджын- дæр кодта. Цæсты къух фæтъыссæн нал уыд. Саукуыдз йе 'уæхсчытыл баппæрста йæ нымæт, райста йæ лæдзæг æмæ фæаууон мигъы бын. Зифæ æмæ Хасан кæрæдзимæ бакастысты. Фанары рухсмæ зын раирта- сæн нæ уыд, сæ цæсгæмттыл цавæрдæр тасдзинады æндæрг кæй фæзынд, уый. Чызг 27
æмæ лæппу æнæдзургæйæ сыстадысты сæ бынæттæй. — Мах Саукуыдзы фæдыл акæсæм, — загъта Зифæ æмæ схæрд кодта къуыбырыл. йæ фæдыл æнæдзургæйæ араст Хасан дæр. Суанг фæсæмбисæхсæвмæ фæцагуырд- той Доттаны. Никуы йæ ссардтой. Боны цъæхтæм æввахс уæтæрмæ хуылыдз, фæ- лурс æмæ фæлладæй æрбаздæхтис Сау- куыдз, фæлæ йæ нымæт дæр нæ систа, афтæ- мæй фæстæмæ йе 'ргом сарæзта Циччы да- рæнырдæм. «Кæд æй мигъ æмæ къæвда уым æрцахстой, уæд ын зæйты сæрты ацырдæм æрбахизын нал бантыст», — йæхинымæр скарста зæронд фиййау. «Хуыцау бахизæд,. фæлæ Дуртулæн къæдзæхы бынмæ куы бафта, уæд дзы æнæфыдбылызæй нал раир- вæздзæн». Саукуыдз цыдис æхсæвы тары. Рæстæгæй- рæстæгмæ ма-иу кæд арв кæмдæр ферттыв- та æмæ-иу йæ гыбар-гыбур дард кæцæйдæр æрбайх^ъуыст, уæддæр зæронд лæг йæ раз- вæндаг дзæбæх не 'взæрста, æгæр бæзджыи уыд мигъ. Тыхст æмæ æнæнцой æхсæв арвыстой ин- нæ фиййæуттæ дæр. Алы рæттæм фæцыды- сты, алы къуымтæ фесгæрстой, фæлæ æнæ исты бæрæг хабарæй здæхтысты фæстæмæ. Боны цъæхты донласт æмæ фæлладæй уæтæ- рыл сæмбæлдысты Зифæ æмæ Хасан дæр. Куыд радзырдтой, афтæмæй чысыл ма 28
бахъæуа, æмæ мæйдары сæрсæфæн рындзæй коммæ ма асхъиуой. Зифæйы къæхты туг калди, афтæмæй, Хасаныл æнцой кæнгæйæ, бацыд цатыры бынмæ æмæ йæхи уæззаугай æруагъта кæйдæр нымæтыл. Ныртæккæ æр- хуыссид æмæ тарф фынæй ауид ацы ран, фæлæ куыд, цы зæрдæйæ? Фосы дзуг... сæ фиййæутты хуыздæртæй иу... Каем уа цымæ ныртæккæ Доттан?.. Хуыцау, фыдбылызæй йæ бахиз... йæ цард цæрæнбонты фыццаг хатт скодта Зифæ хуыцауы кой. Цæмæн, уымæн йæхæ- дæг дæр ницы бамбæрста, æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл худын байдыдта. — Дæуæн ардыгæй цæугæ нал у, — фæллад хъæлæсы уагæй йын загъта Хасан.— Дæхи бахъæрмттæ кæн æмæ дæ фæллад суадз, æз ма иу хатт бавзарон мæ амонд. Зифæ афæлвæрдта йæ ныхмæ сдзурыныл, рахъавыд йæ бынатæй сыстынмæ, фæлæ йæ зæпгтæ йæ быны фæтасыдысты æмæ фæстæ- мæ æрхаудта. Нырма ныр бамбæрста, йæ бон ацæуын кæй нал бауыдзæн, уый, æмæ, йе 'рвгъуыз цæстытæ доны разилгæйæ, риз- гæ хиæлæсæй загъта: — Цу, æрмæст дæхи хъахъхъæн... Боны цъæхтыл къæвда банцад. Хæхты фæхстыл фæскъæуттæ кодтой здыхуыз мигъ- тæ æмæ хуыснæджытау лыгъдысты кæдæм- дæр. Саукуыдз йе 'хсæв арвыста Циччы да- рæны, Дуртулæн къæдзæхмæ хæстæг. Ам ыл æрбафтыд Хасан дæр. Зæронд лæг æм дис- 29
гæнæджы каст ныккодта æмæ йæ ба- фарста. — Ды та ам цы ми кæныс?.. Кæй лæппу дæ, кæ, мæ хур? — Ладемыры... Доттаиы агурæг рацыд- тæн æз дæр, — цыбыр дзуапп радта лæппу. Зæронд фиййауæн йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты йе 'зноны ныхæстæ æмæ куыддæр джихауæй аззад, стæй загьта: — Зноны уазæг лæппу дæ? Уæууа. Æмæ мын уæдæ дæ кой чындæуыд?.. Уæууа... Æмæ мын уæд дæхи та цæуылнæ бацамыд- тай, гормон... Бахатыр кæн, кæд мæстæй истытæ срæдыдтæн, уæд... Хасан ницы сдзырдта... Уымæн йæ хъуы- дытæ иууылдæр уыдысты Доттанимæ æмæ фæлгæсыд алырдæм. Мигъ йæхи исын бай- дыдта хæхты цъуппытæй. Ранæй-рæтты ра- сыгъдæг арв. — Акæс-ма, лæппу, уартæ Бæрхиуы сæр- мæ чысыл къардиуы цурмæ. Ницы дзы уы- ныс? Хасан акастис æмæ федта: къардиуы рæ- бын батымбыл фысты дзуг. Сæ цуры йæ иу фарсыл хуыссыд цавæрдæр адæймаг. — Уый Доттан уыдзæн, æидæр ничи, — алыг кодта Саукуыдз. — Цом, мæ хур. Дæ хорз хорз у, æмæ йæ æххæст кæроимæ ахæц- цæ кæн. Дыууæ æмбалы араст сты. — Дотта-а-а-н!—ныйилæ-лæй кодта Саукуыдз. 30
— О-о-о-о! — æрбахаста йæм дымгæ. Зæронд фиййау йæ къæхтæй йæ сæры онг æхсызгон улæфт ныккодта: «Хуыцау, дæ- уæй бузныг... Æгайтма æнæфыдбылызæй баззад». Фæлæ Доттан иуыл æнæфыдбылызæй нæ баззад. Сау къæйты лæсæнтæй йæ фосы дзуг иуварсырдæм здахгæйæ, йæ æрæййæф- та дур æмæ йын йæ рахиз фæрсчытæй æр- тæ батыдта, Фæлæ уæддæр нæ ныууагъта йæ фосы дзуг, цалынмæ сæ æдас ран æр- урæдта, уæдмæ... Хасан æмæ йæ Саукуыдз баййæфтой хуыздзыд æмæ тугæйгдзæгтæй, фæлæ сæм уæддæр æнæбары йæ мидбылты бахудт æмæ сæм хатыр курæгау сдзырдта: — Фыдæбоны хай уæ фæкодтон. Æндæр гæнæн мын нал уыд... Мæ фос бабын уы- даиккой... Дзуджы раздæхтой Мидæгдзуандоны- рдæм. Фæлæ цы кæной Доттанæн та? Куыд фæцæудзæп ардыгæй уырдæм? — Сбад ме 'ккой æмæ дæ фæхæццæ кæн- дзынæн уæтæрмæ, пауæд та цон æмæ дæм бæх ракæнон, — загъта йьпг Хасан æмæ йæм æввахс балæууыд. * * Уæтæры Зифæ бæстон бабаста Доттаны цæфтæ. - Бæхтæй иуыл бавæрдта саргъ æмæ 31
ныр рараст уæм, зæгъгæ, куыд загътам, аф- тæ нæ æрбаййæфта Саукуыдз. — Кæдæм сфæнд кодтат? — бафарста уый'. — Хъæумæ... Доттаны дохтыртыл сæмбæ- лын кæнын хъæуы, — дзуапп радта Зифæ. — Доттанимæ мæнæ Сакро ацæудзæн, сымахæн уадзæн нæма ис. Нæ дысоны фыд- æхсæвæй нын фæтарстыстут? Ма тæрсут, ныр афтæ нал уыдзæн... — Амал нын нæй, — ныллæууыд Зифæ. — Мæ фыдыстæн ницы уын дзы рауай- дзæн. Сакро, марадз æмæ ма уæртæ мæ сау, стыр чъапæджын уæрыкк ралас. Уый нæ уазджыты хай уыд æмæ сын дзы хъуамæ физонæг скæиæм. Доттан нын дзæбæхæй кæй баззад, уый тыххæй дæр акувын хъæуы. Мах кæрæдзимæ бакастыстæм. «Зæронд лæджы зæрдæхудты ма бацæуæм»,—сдзырд- та мæм Зифæйы цæстæнгас æмæ æз дæр уæлдай ницуал загьтон. Саукуыдз йæ кусарты кой кодта. Æххуыс- гæнæг ын фæлæууыд Хасан дæр. Æз та ка- стæн æгомыг хæхтæм- æмæ хъуыстон хæх- хон дымгæйы къуыс-къуысмæ. Кæцæйдæр та ныкъкъуыззитт ластой гæрæм зымтæ. Нæ сæрмæ фæсхохырдæм ленк кодтой урс æв- рæгътæ, сæ бынмæ та, цыма дысон æппын- дæр ницы бæллæх æрцыд, уый хуызæн æнæ- мæтæй ахæлиу сты фосы дзугтæ. Сæ разæй, сæ даргь лæдзджытæй æртæх цæгъ'дгæйæ, 32
уæлæмæ, æврæгъты æмбуармæ хæстæгæй- хæстæгдæр цыдысты номдзыд æмæ хъæбатыр фиййæуттæ. О, номдзыд æмæ хъæбатыр фиййæуттæ!.. 1962 аз. 3 Цæудйыстæм та дардмæ 33
лшш 'смгпажгæй Йæззыгон цъæх мигъ сыстад быдырæй. Ногæй раирди арв. Гæзæмæ æрæидæв- той сæууон хуры тынтæ. Дысоны ха~ лас атади бæлæсты сыфтæртыл. Фæз- зыгæндты ногдзыд æвзартæ та сæхи сивæз- той хуры хъарммæ. Фæндаггæрæтты фæбури кæрдæг. Æрбампылдысты быдираг дидин- джыты рæсугъд сыфтæ æмæ уыцы æууад- хуызæй лæууынц сæ хус зæнгтыл. Æрба- дымдзысты ма иу хатт уазал дымгæтæ, æмæ бынтондæр æрызгъæлдзысты зæхмæ... О, фæззæг у ныр, бурзачъе, мыддзых фæз- зæг — афæдзы цыппар афонæн сæ дзадж- джындæр æмæ фæдисондæр. Хæдзардзии лæгау зилы, хойы адæмы кулдуæрттæ. Бон цъæхтæ кæнын куы райдайы, уæд базмæ- лынц хъæутæ. Сæнкъуысынц адæм. Зад нартхоры хуымты æхсæнты, денджызы нау- тау, ленкгæнгæ араст вæй'йынц комбайнтæ. Фæндæгтыл дыууæрдæм тыннывæндæгау сисынц машинæтæ... Ахæм æнæнцой бон та у абон дæр. Æмæ мах хъæумæ кæд сæударæй æрхæццæ стæм, 34
уæддæр колхозы уынаффæдоны никæй уал баййæфтам правленийы æмæ парткомы ра- замонджытæй. Æрмæст иунæг адæймаг, æвæццæгæн, сæйраг бухгалтер, бадтис стыр стъолы уæлхъус æмæ дыууæрдæм раппар- баппар кодта нымайæнты къæбæлтæ. — Кæм ссардæуа колхозы сæрдары? — агъуысты къуымты мæ цæст ахæсгæйæ, ба- фарстон æз. — Чи йын цы зоны!.. Чысыл раздæр æхс- гæуад æрбакодта ардæм. Цыдæр гæххæтты- тæ аиста йемæ æмæ æрбадæлдзæх... Ком- байнтæм йæ зæрдæ æхсайдта, — æнæбары- гомау дзуапп радта бухгалтер. — Æмæ, цымæ, тагъд æрбаздæхдзæн? — Æнхъæл нæ дæн. Иугæр быдырмæ аф- тыдис, зæгъгæ, уæд ын суанг æхсæвæрафон- мæ æрбаздæхæн нал ис, — дзырдта бухгалтер. — Нырма æртæ боны размæ æрцыд горæтæй. Æнæхъæн мæйы бæрц фæхуыссыд рынчындоны. Цавæрдæр æнæхайыры æндыс- нæг æм ныккомкоммæ ис æмæ йæ скаст нал уадзы. Ныр дæр æххæст дзæбæх нæма у, фæлæ куыд фехъуыстон, афтæмæй рынчын- донæй лидзгæ ракодта. Ам куы нæ вæййы, уæд нæ хъуыддæгтæ рæстмæ нал фæцæ- уынц. Æз рагæй зонын ацы колхозы оæрдары. Суанг хæсты размæ дæр бирæ хæттыты фембæлдтæн йемæ. Уымæ гæсгæ мæм дис- саг нæ фæкастысты сæйраг бухгалтеры ны- хæстæ. Фæлæ уæддæр мæхинымæр ахъуыды 35
кодтон: «Кæд Смел рынчындонæй ралыгъд, уæд, æцæгдзинадæй, хорз нæ цæуынц колхозы хъуыддæгтæ...» Ахæм хъуыдытимæ араст стæм быдырмæ, механизатортæ цалдæр комбайнæй нартхор кæм æфснайдтой æмæ йæ колхозонтæ Бес- лæны маисон комбинатмæ кæцæй æрвыстой, уырдæм. Уым баййæфтам колхозы сæрдар Мыкагьаты Смелы дæр. Уый, йæ къухты æрмттæ йæ роцъомæ сбыцæу кæнгæйæ, æнæхсæст стыр кæрийы фарсмæ бадтис фæйнæджы гæбазæй конд чысыл бандоныл, афтæмæй касти, нартхор чи æхсæста, уыцы адæммæ. Æз бафиппайдтон, Смел бандонæй зивæг- гæнгæ æмæ тынг зынæй кæй сыстадис, уый, фæлæ нын уæддæр хъæлдзæг цæстæнгасæй, фæсус æмæ уæзбын хъæлæсы уагæй салам радта. — Ныххæррæгъ дæн æмæ мæ бандой ме- мæ хæссын райдыдтон: уымæл зæххыл ба- дæн мын нæй, — уайтагъд ныхас хъазы- нырдæм аздæхта Смел. — Цæй колхозы сæрдар ма ис мæнæй? Цæй, уыдæттæ иууылдæр хорз фæуæнт, фæлæ кæцæй фестут? Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста? Æви нын не 'гуы- дзæгдзинæдтæ фенынмæ æрцыдыстут? Уы- рысмæ иу æмбисонд ис: «Сауджын цавæр уа, йæ зылд дæр ахæм уыдзæн». Уый мæ- хи тыххæй зæгъын... Нæ хуымты фаронæй æвзæрдæр тыллæг не 'рзад, фæлæ нæ фæз- зæджы куыстыт.æ æгæр дæргъвæтин хæс- 36
сынц. Нæ сыхæгты фæстæ аззадыстæм пад- дзахадæн хор уæй кæнынæй. Æмæ сын æнæбаййафгæ нæй адыууæ боны... — Нæ фæззыгон куыстытæ афтæ дæргъ- вæтин кæй хæссынц, уым ды уыйбæрц ах- хосджын нæ дæ... Аххосджын мах стæм... Нæ сарæхстыстæм хъуыддæгтæ нывыл сæ- вæрынмæ... Ды ам нæ уыдтæ, — къæм- дзæстыгæй загъта, нæ фарсмæ чи лæууыд, уыдонæй чидæр, æнхъæлдæн, фыццæгæм бригады бригадир. Смел йæ дзыхы дзаг ныххудтис: — Æз аххосджын нæ дæн, и? Ау, уый та куыд? Куыддæр нартхор тонынмæ бав- нæлдтам, афтæ æз фæлыгътæн горæтмæ... Фосæн зымæгваг холлæгтæ не 'рцæттæ код- там. Фермæтæ зилинаг, цалцæггæнинаг. Кае- сæгтæ—æнæзылд. Чидæртæ быдырæй хор да- вынц... О, æцæг зæгъыс, уыдæттæ иууыл- дæр мæн аххос не 'сты, не 'ппæтмæ дæр дзы хауы азым, фæлæ ахæм хъуагдзинæдты тых- хæй æппæты фыццаг хъуамæ дзуапп дæт- тæг æз он. Адæймагæн, уæлдайдæр та раза- монæгæн хъуамæ аргъ кæной фæсаууонмæ дæр. Адæмы зæрдæтæ иухуызон æргом æмæ сыгъдæг не 'сты. Фæндаг сæм агурын хъæуы бонгай æмæ сахатгай нæ, фæлæ афæдзгай. Æмæ, чи зоны, колхозы правлени æмæ пар- тион организаци нырма дзæбæх нæма зо- нынц адæмæн се 'ппæты... Смел йæ ныхас фескъуыдта. Фæкомком- мæ, нартхоры хуымы кæрæтты сæргуыбырæй 37
чи æрбацæйцыд, уыцы лæппумæ. Йæ цæсты- тæ дзы нал æмæ нал исы. Лæппу фæсабыр- дæр кодта йæ цыд. Æрлæууыд. — Лæппу, ардæм ма рауай! — фæдзырд- та йæм колхозы сæрдар. Уый ныгъуылдты- тæ кæнгæ æрбацыд йæ цурмæ. — Цæй, цы хабæрттæ дæм ис? — бафар- ста йæ Смел æмæ йын йæ уæхскыл сабыр- гай йæ къух æруагъта. Йæ сæр не 'схъил кодта лæппу. Цæмæй- дæр къæмдзæстыг уыд æмæ комкоммæ кæ- сын нæ уæндыд колхозы сæрдармæ, афтæ- мæй дзуапп радта Смелæн: — Бахатыр мын кæн... Фæрæдыдтæн... Смел æм æдзынæг кæсы. — Бауырнæд дæ, ацы колхозы адæмæй дæуйас никæйы уарзтон. Дæ алы фæзылдæй дæр-иу мæ зæрдæ ныррухс. Афтæ мæм ка- сти, цыма нæ шофырты тæккæ сæрæндæр æмæ æгьдауджындæр ды дæ. Гъе, фæлæ мæ æгас хъæубæсты цæсты бафтыдтай, мæ цæс- гомыл мын цъыф бакалдтай. Æмæ канд мæ цæсгомыл нæ — æнæхъæн колхозы цæсгом дæр фæчъизи кодтай... Уый дæхæдæг дæр æмбарыс? — Фæрæдыдтæн... Хатыр уæ курын, — тыхамæлттæй та дзуапп радта лæппу. — Гъе, мæ дæ уæдæ ныр судмæ радтон? Æмæ уымæй цы пайда ис мæнæн дæр æмæ колхозæн дæр? Нæ бинонтæй та рæстæгмæ иу фæхъæудзæн æмæ мæм уый хорз нæ кæсы... Цæй, уæдæ дын цы кæнон?.. 38
Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы лæппу æндæрæхсæв йæ машинæйы бафæстиат бы- дыры. Уымæй размæ кæмдæр нуазгæ дæр акодта æмæ йæхи нæ баурæдта колхозы нартхорЫ нæримæ. Сæвпæдта дзы йæ машинæйы æмæ йæ сæ хæдзармæ баласта. йæ фæд-фæд бацыдысты колхозы сæрдар æмæ бригадир... — Нартхор уа-диссаг нæу, — æфсæндтæ кæныныл схæцыд нозтджын шофыр. — Хуы- ты холлагæн йедтæмæ ницæмæн бæззы... Мæнæ мæ дзæргъытæн æрбаластон... Стæй, бахатыр кæнут, фæлæ колхозæн уыйбæрц æххуыс ницæмæй фæдæн? Уыйбæрц маем дзы нæ хауы? Æппындæр уæ ницæмæй тæр- сын! Уæле — уæ бæхджынтæ, дæле — уæ фистæджытæ æмæ уæ цы фæнды, уый кæнут!.. Афтæ дзырдта æндæрæхсæв. — Мæхи цы хуызы сраст кæнон, уымæн ницуал зонын... Кæд амал ис, уæд мæ дзæргъыты хуыздæры лæвар ратдзынæн колхозæн... Цыдæриддæр мын зæгъай, уый бакæндзынæн... — Хорз. Ууыл ахицæн хъуыддаг. Æцæг афтæ макуыуал бакæн, — уыдысты Смелы фæстаг ныхæстæ. Шофыр та, цыма йæ уæнг- тæ уæззау хъадамантæй феуæгъд сты, уый хуызæн уыцы хъæлдзæгæй тагъд-тагъд атындзыдта хъæуырдæм. Смел кæсгæйæ баззадис йæ фæдыл. — Уый дæр хъомылад у, уæдæ цы! — иу- 39
цасдæр æиæдзургæйæ алæууыны фæстæ загьта колхозы сæрдар. — Судмæ йæ куы раттæм, уымæй тынг фæтарст, мæгуыр, — бафиппайдта бригадир. — Знон изæрмæ мын лæгъстæ кæны, зæгъ, дам, ын æмæ мын ныххатыр кæна. Зæгъын, дæхæдæг æм бацу... Мæ цæсгом, дам, æм нæ хъæцы... — Гемæ хорз. Æгайтма йæ рæдыд бам- бæрста. Хуыцауæй бузныг — æхсæнадон исбонмæ фæныхилын чи уарзы, ахæмтæ нæм иугæйттæ йедтæмæ нæй... Хъус ма, За- уырбег, — Смел баздæхти бригадирмæ.—Дæ хорзæхæй, дæ цæст фæдар хорласджытæм. Машинæтæ æгуыстæй ма фæбадæнт. Акса, уæртæ нæм æфсæнвæндаджы станцæйæ дæр замманай уазджытæ куы ис. Нартхор чи æвзары, уыдонæй зæгъын. Æдзæллагæй сæ ма ныууадзут. Истæмæйты сæ сбуц кæ- нут. Райсом дæр ма нæ сæ сæр бахъæу- дзæн... Ноджыдæр ма цыдæртæ бафæдзæхста бригадирæн колхозы сæрдар. Фæстагмæ йын загьта: — Æз цæуын кæсæгты цадырдæм. Уыр- дыгæй, æвæццæгæн, Змейкæйы станицæмæ ныууайдзынæн. Уым нартхор тынд фесты. Дысон изæр сын сæ колхозы сæрдары фед- тон. Комбайнтæй мын зæрдæ бавæрдта æмæ йæ абæрæг кæнон. А дыууæ боны нартхор тынд куынæ фæуæм, уæд фæхудинаг уыдзыстæм... 40
— Æмæ æххормаг не 'стут? Исты уал ба- хордтаиккат, — ныллæууыд бригадир. — Кæд мын исты фæуинаг дæ, уæд мын уæртæ машинæйы иу дзулы къæбæр бап- пар æмæ дзы фæндагыл мæхи хорз фендзы- нæн. Стæй Гандзамæ куы нæ цæуæм, мий- йаг, — загъта Смел æмæ, йæ синтыл хæцгæ, бахызт йæ машинæмæ. II Æз фехъуыстон, Смел йæ царды уæззау фæндагыл кæй рацыд, бирæ хæттыты суанг мæлæты къахыл дæр лæуд кæй уыдис, уый, фæлæ, раст куы зæгъон, уæд мæ уыцы ха- бæрттæ се 'гас нæ уырныдтой. Нæ мæ уыр- ныдтой, уымæн æмæ кæддæрау сыгъдæгæй æмæ æнæхинæй баззадысты йæ цæстытæ. Нæ аивта йæ фæсус æмæ уæзбын хъæлæсы уаг дæр. Нæ ныууагъта йæ хъазæн ныхас æмæ йæ бæзджын худт. Афтæ мæм кæсы, цыма йын азтæ æрмæст бавнæлдтой йæ кæд- дæры сатæгсау сæрыхъуынтæм æмæ йын сæ миты хъæпæнау урс-урсидæй сæрттивын кодтой. Иугай уæлæнгай æнцъылдтæ фæ- зындис йæ фæтæн æмæ бæрзонд ныхыл дæр... Мæнæ мах дыууæизæрастæу бадæм колхозы кæсæгты цады былыл. Каесæм цæссыджы хуызæн сыгъдæг донмæ æмæ дзæбæх уы- нæм, кæсæгтæ дзы æнцад æнæмæтæй куыд цъыллинджытæ кæнынц, уый1. Смел мын 41
ногæй дзурын райдыдта сæ колхозы хъуыд- дæгты тыххæй, мæн та йемæ æндæр цæуыл- дæрты адзурын фæнды. Ныхас арæхстгай здахы æндæрырдæм. Æрæмысыд, фондз æмæ ссæдз азы размæ хохы Дæргъæвсмæ, йæ фы- дæлты райгуырæн хъæумæ куыд бафтыд, цавæрдæр ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл Майлийы рæгътыл фæсхохмæ фистæгæй куыд ахызт æмæ цыппæрæм бон фæстæмæ фæллад æмæ æххормагæй куыд æрыздæхт, уыдæттæ. — Нал сæ хъуыды кæныс?.. Суанг ма дæу дæр мемæ кæнинаг куы уыдтæн... Æз æм ницы сдзырдтон. Мæ цæстыты раз слæууыдысты уæды нывтæ. Смел бадтис пецы фарсмæ æмæ хус кодта йæ цырыхъ- хъытæ. Цæуылдæр зæрдиагæй' дзырдта мæ фыдимæ. Худтис, хъазыди сывæллæттимæ. Æдде арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Смел æвиппайды æркаст йæ сахатмæ: — Ныр мæнæн цæуын афон у... — Уый та куыд? Айхуызæны лæг лэетæ- тæй куыиæ ацæудзæн. Мигътæ комы гуылф- гуылфгæнгæ ссæндынц. Дæттæ раивылды- сты. Фæндæгтæ—хæлд... Нæ дæ ауадздзы- нæн... Лæуу, дæ хорзæхæй, — дзырдта мæ фыд. Фæлæ зæронд лæджы ныхæстæ нæ басас- той Смелы. — Нæй гæнæн... Дæхæдæг партион зæронд кусæг куы дæ... Искуы дæ дзырд фæсайдтай партийы раз? Уæдæ йæ æз куыд 42
фæсайон? Боны цъæхыл æз хъуамæ уон, кæм мын æмбæлы, уым, — загьта Смел æмæ æддæмæ рахызт хæдзары къæсæрæй. Рахызт сау мæйдары, йæ ных сарæзта комырдæм... Куыста алы рæтты. Никуы æркодта йæ •бинонты, йæ хæдзары мæт. Бинонты æхсæн- иу арæх рауад дæрзæг ныхæстæ дæр. Ахæм заман-иу Смел æнæдзургæйæ хъуыста йæ зæронд мад Гасаты æмæ йæ цардæмбал Бæдинæйы уайдзæфтæм æмæ сæ-иу хъазæн ныхæсты бын фæкодта: — Иу чысыл ма бафæразут... Иу-дыууæ азы ма æмæ бæстæ фæфидардæр уыдзæн. Адæм схъæздыг уыдзысты æмæ уæ, аргъæут- ты хъæбатырау, саджы фыд æмæ маргъы æхсырæй хæсдзынæн, мæ арм уын фынгæн дардзынæн, мæ дæндаг — цырагъæн. Фæлæ уалынмæ нæ зæххыл ныууарыд туг-къæвда — райдыдта Фыдыбæстæйы Оыр хæст немыцаг-фашистон æрдонгты ныхмæ. Уæд Смел куыста партийы Рахиз- фарсы райкомы фыццаг секретарæй. Уый уыдис 1941 азы 22-æм июны, 26-æм июны та Смел «хæрзбон» загьта йæ бинонтæн—йæ мадæн, йæ цардæмбалæн, йæ фондз чызгæн æмæ барвæндонæй ацыдис тугкалæн хæст- мæ. Цымæ кæм хæцыдис? Цымæ цавæр фæн- дæгтыл цыдис райкомы раздæры фыццаг секретарь, стæй та ротæйы политрук Мы- кагъаты Смел? Белоруссийы æмæ Украи- 43
нæйы быдырты, Днепры æмæ æндæр стыр дæтты былгæрæтты... Мæн фæнды уыдоны тыххæй бæлвырддæр базонын, фæлæ Смелæн зын у дзурын. Цæмæндæр æруæззау йæ хъæ- лæс. Рæстæгæй-рæстæгмæ ныуулæфы йæ къæхты бынæй. Фыццаг уæззау хæст æмæ фыццаг уæззау зиантæ... Горæт Белая Цер- ковы бынмæ дæрæнгонд æрцыдис ротæ... Со- ветон Æфсады хæйттæ хæцгæ-хæцыны цæ- уынц фæстæрдæм... Ралæууыд сусæны мæй. Не 'нцайы сармадзанты нæрын. Немыцаг танктæ бырсынц размæ æмæ тугуарæн кæ- нынц æнæхатырæй. Знаджы хæдтæхджытæ æхсæвæй-бонæй бомбæтæ калынц не 'фсæд- тыл. Пиллонæй судзынц Украинæйы хъæутæ æмæ горæттæ. Æнкъуысы зæхх. Топпхосы бæзджын фæздæг, сау мигъау, сбадтис йæ сæрмæ... Смел ссис батальоны командир. Фаг нæй хæцæнгæрзтæ, суанг хуымæтæджы топпытæ дæр... Советон хæстонтæ сæ риуæй æрлæу- уынц знаджы ныхмæ. Фæлæ знаг уæддæр бырсы æмæ бырсы размæ. Киевы бынмæ за- лиаг калмау æртыхст не 'фсæдты алыфарс. Смел сфæнд кодта йæ батальонимæ фыд- гулы судзгæ цæгæй раирвæзын. Дернев- кæйы хуторы цур та бацайдагъ мæлæтдзаг тох. Фæззыгон хъуынтъыз æхсæв батальоны командиры йæхимæ æрæлхъывта уымæл æмæ уазал зæхх, йæ быны алæсæн кодта ^туг. Афæлвæрдта сыстыныл, фæлæ йæ бон нæ бацис æмæ фæстæмæ æрхаудта. Цавæр- 44
дæр сау фæлм ын ахгæдта йæ цæстытæ. Нал хъуыста, йæ уæлхъус дзуццæджы чи æрбадт, уыцы æфсæддоны фæллад æмæ æнкъард ны- хас. Комбат уыдис уæззау цæфтæ. Дыккаг бон комбат æрчъицыдта иу чы- сыл атагъайы. Æнцадгай байгом кодта йæ цæстытæ. Скаст, йæ сæр ын йæ уæрджытыл чи æрæвæрдта, афтæмæй уымæл зæххыл тъæпæн чи бадти, уыцы адæймагмæ. Сдзырдта йæм: — Чи дæ? Ам цы ми кæныс? — Смел, æз дæн — Адес... Ма тæрс... Дæхиуыл фæхæц... О, уый старшина Дзахсораты Адес уыдис. Дысон бонмæ йæ уый фæхаста йе 'ккойы. Æмæ æнхъæлдæн, йæхæдæг дæр цæф куы у. Уæлæ йæ цæсгомыл туг куы ныхъ- хъæбæр. Æви Смелы тугæй сахуырсти?.. — Адес, Адес—мæ ирвæзынгæнæг. Цымæ цы бацис батальон?.. — Хæцгæ-хæцыны цæуы фæстæрдæм... Гъе, æрмæст дзы бирæтæ фæмард сты, — дзырдта Адес, фæлæ комбат ницуал бамбæр- ста уыцы ныхæстæн. Уый ногæй æрæхгæдта йæ цæстытæ. Ногæй та йæ мæйдар æхсæвы йе 'ккойы хæссын райдыдта Адес. Фæлæ æр- тыккаг бон кæрæдзийæ фæхицæн сты комбат æмæ старшина... Уæдæй фæстæмæ къу- хæй-къухмæ, хъæуæй-хъæумæ æфтыдис. Не- мыцаг æфсæдтæ ахызтысты Днепры сæрты æмæ дарддæр бырстой Хурскæсæнырдæм. Смелы 1æмæ уый хуызæн уæззау цæф æфсæд- 45
донты та украинаг хъæуты цæрджытæ æм~ бæхстой сæ хæдзæртты. Октябры мæйы кæ- ронмæ уый фæхуыссыдис, Гогольево, зæгъ- гæ, иу хъæуы æрдæгхæлд хæдзары у аз ал ныккæнды. Ам æнæнхъæлæджы базонгæ раздæры хæстон училищейы сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæг Дармостук Дашæимæ. Уый йын куыддæр æгъдæуттæй мæнг гæххæттытæ сарæзта æмæ йæ йæ хæстæджытæм сласта Киевмæ. Киевæй дæс æмæ ссæдз километры дард- дæр та цардысты Дашæйы ныййарджытæ. Иу бон Смелмæ нал фæзынд Дашæ. Фар- ста йын йе 'мбæлтты, фæлæ уыдонæй уæд ничи ницы бæрæг хабар зыдта Дашæйы тыххæй. Æрмæст иу зымæгон уазал æхсæв æрбахостæуыд, Смел кæм цард, уыцы хæдзары дуар. Æрбахойæгæн бакодтой дуар. Мидæмæ æрбахызт урсзачъе зæронд лæг. — Æмбал Мыкагъайы-фырт ам цæры?— бафарста зæронд лæг хæдзары хицауы. — Уый та цавæр Мыкагъайы-фырт у? Мæ цард-цæрæнбонты ахæм мыггаг никуы фе~ хъуыстон, — дзуапп радта хæдзары хицау. Зæронд лæг бамбæрста, дызæрдыг ыл кæй кæнынц, уый æмæ загьта: — Æз Дашæйы фыд дæн, Марк Тимофеевич... Ардæм дæр Дашæйы фæдзæхстмæ гæсгæ æрбацыдтæн æмбал Мыкагъайы-фыр- ты аласыны тыххæй... Æмæ Марк Тимофеевич æмбисæхсæв 46
уынгмæ ракодта Смелы. Сæвæрдта йæ бæх~ уæрдоны æмæ йæ фæсвæдты, уæрдоны цæлхыты хъæр къаддæр кæцæй хъуыстаид, ахæм фæндæгтыл аласта сæхимæ — Здо- ровкæйы хъæумæ. Украинаг хæлæрттæ йæм зылдысты сæхи хъæбулы хуызæн æмæ тъæн- джы мæйы райдайæнмæ Смел слæууыд йæ къæхтыл. Лæдзджыты æнцæйтты райдыдта цæуын. Дашæ хæдзары бирæ рæстæг нæ бадтис. Ацыдис-иу кæдæмдæр æмæ-иу цал- дæргай бонты нал фæзынд. Фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй украинаг чызг цавæр- дæр куысты ныллæууыд æфсæддон уацай- рæгты лагеры æмæ базонгæ, уацарæй, кæнæ хъæуы æмбæхстæй чи ралыгъд, Советон æф- сады раздæры ахæм политикой кусджыти- мæ. Уыдон лагеры сарæзтой уацайрæгты æхсæн сусæг куыстгæнæг организаци æмæ сæхи цæттæ кодтой знаджы ныхмæ тохмæ. Дашæйы хæдзар лагермæ дард нæ уыдис. 1942 азы январы фæстаг бонты ам фæзын- дысты Дашæйы зонгæтæ—æфсады раздæры политикой кусджытæ Бубнов Павел, Ескин Анатолий, Иванников Дмитрий, Еременко Константин æмæ æндæр чидæртæ. Æвæц- цæгæн, Дашæйы ныхæстæм гæсгæ уыдон хорз зыдтой Смелы æмæ уаитагъд се 'хсæн рауадис æргом ныхас. Бирæ фæдзырдтой, цы уавæр сæвзæрд, ууыл. — Махæп не æрмæст дыууæ фадаты, — дзырдта Иванников. — Кæнæ баззайдзыс- 47
тæм ам, æмæ абон куы нæ уа, уæддæр рай- сом бахаудзыстæм знаджы дзæмбытæм, кæ- нæ сараздзыстæм партизанты къорд æмæ æдгæрзтæ тох кæндзыстæм Райгуырæн бæ- стæйы сæраппонд æмæ хæдбардзинадыл. Бауынаффæ кодтой партизанты къорд саразын æмæ хъæдмæ ацæуын. Чысыл фæ- стæдæр арæзт æрцыд сусæгкуыстгæнæг пар- тион комитет. Фыццаг секретарæй йын сны- сан кодтой Ескины, дыккаг секретарæй та Смелы. Партион комитет æвæстиатæй рай- дыдта кусын. Дашæйы æмæ бынæттон иуæй-иу æндæр цæрджыты æххуысæй иу цас- дæр самал кодтой хæцæнгæрзтæ. Кæмдæр сусæгæй балхæдтой чысыл радиостанцæ. Ралæууыд 1943 азы уалдзæг. Сусæгкуыстгæнæг партион комитет сарæзта партизанты къорд. Командирæй йын сæвæрдтой Мы- кагъаты Смелы, комиссарæй та Иваннико- вы. Райдианы уый уыдис чысыл къорд — 30 адæймаджы, уыди сæм къухы хæсгæ дыууæ пулеметы, авд топпы, авд æмæ ссæдз гранаты æмæ фондз дамбацайы. Украинæйы уæрæх быдырты æмæ тар хъæдты ниудтой уазал дымгæтæ. Æфсæй- наг фæндæгтыл Хурскæсæнырдæм цыдысты немыцаг эшелонтæ æмæ раздæрау советом адæмæн ластой мæлæт æмæ æнæкæрон хъизæмардзинæдтæ. Карз тохы бацыд Смелы партизанты чысыл, фæлæ хъæбатыр къорд. Рæмыгъта хидтæ, хæлдта æфсæйнаг æмæ соса фæндæгтæ, фæлдæхта знаджы 48
поездтæ æмæ эшелонтæ, æнæхатырæй цагъ- та фыдгулты. Æз загьтон партизанты къорд. Фæлæ уый къорд нал уыдис. Уый ссис æнæхъæн батальон. Партизанты нымæц дзы схæццæ 960 адæймагмæ. Хуымæтæджы топпыты бæсты се 'ппæтмæ дæр фæзынд авто- маттæ. Уæззау хæстыты знагæй байстой бирæ хæцæнгæрзтæ — минометтæ, чысыл сармадзантæ æмæ æндæр ахæмтæ. Смелы ном æмæ мыггаг фыст æрцыд немыцаг æф- хæрæг æфсæдты штабы гæххæттыты æмæ йæ нымадтой Германы империйы цыфыддæр знæгтæй иуыл. Ныртæккæ зын фæнымайæн сты уыцы батальоны хæстон сгуыхтдзинæдтæ. Чи зоны, æмæ сын се 'ппæты Смел йæхæдæг дæр дзæбæх нал хъуыды кæны. Фæлæ мæнæ æз кæсын иу гæххæтт. Уый партийы Цæгат Ирыстоны обкоммæ сæрвыста Украинæйы партизанты змæлды штабы хицау инæлар- майор А. Андреев. Уым фыст ис: «...Украинæйы партизанты змæлды штаб хъусын кæны: Хрущевы номыл партизанты иугонды хæстон æгъдауæй хуыздæрыл нымад у, Мы- кагъаты Бибойы фырт Смел команды кæ- мæн кæны, уыцы 4-æм батальон. Æмб. Мыкагъаты С. Б. знаджы чъылдым- мæ организаторон стыр куыст бакодта батальон саразыныл æмæ йын йæ адæмы нымæц сбирæ кæныныл. 4-æм батальоны 4 Цæудзыстæм та дардмæ 49
хæстон архайджытæ кæддæриддæр вæййынц активон. Райгуырæн бæстæйы раз, Украинæйы рæ- стæгмæ оккупацигонд зæххыл партизанты змæлд стыхджын кæныны. хъуыддаджы æн- тыстдзинæдтæ кæй равдыста, партизанты хæстон архæйдтытæн арæхстджын разамыид. кæй лæвæрдта, немыцаг оккупант™ ныхмæ хæстыты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй æмб. Мыка- гъайы-фырт лæвæрд æрцыд хицауадон хæр- зиуджытæ райсынмæ». Н. С. Хрущевы номыл партизанты змæл- ды штабы æндæр документты та æвдыст цæуынц Смелы батальоны хæстон сгуыхт- дзинæдтæ. Уым бакæсæн ис ахæм рæнхъы- тæ: «батальон ныццагъта 1700 немыцаг афи- церы æмæ салдаты, срæмыгьта æмæ афæл- дæхта дæс æмæ ссæдз хæстон эшелоны æмæ сæдæгай хидтæ, ныппырх *содта æмæ ба- сыгъта цалдæр фондзыссæдз автомаши- нæйы...» Мæ цæстытыл уайынц уыцы æгомыг циф- рæтæ. Мæ къухты дарын, рæстæг кæй сбур кодта, ахæм æнцъылдтæ гæххæтты сыфтæ æмæ куы уыдонмæ æркæсын, куы та Смел- мæ... О, мæнæ та ногæй мæ разы слæу- уыдысты тугкалæн хæсты нывтæ. 1943 аз. Сусæны мæй. Украинæйы тар хъæды немыцаг аст мин салдаты æмæ афицеры æр- тыхстысты ацы номдзыд батальоныл. Авд боны æмæ авд æхсæвы нæ банцад мæлæт- 50
дзаг хæст. Авд боны æмæ авд æхсæвы æх-. ситт кодтой пулеметты æмæ автоматты нæм» гуытæ, нæрыдысты сармадзантæ æмæ минæ- тæ. Хъæбатыртæм куы иуырдыгæй, куы ин- нæрдыгæй лæсыдысты рог танктæ. Ам комбат фæцис цыппар цæфы, фæлæ уæддæр нæ ныууагъта хæсты быдыр. Æстæм бон райсо-, мæй немыцæгтæ фехъусын кодтой: «Бын- тондæр дæрæнгонд æрцыд гуырдзиаг абы- рæг Мыкагъаты Смелы партизанты батальон». (Цæмæдæр гæсгæ немыц Смелы ны- мадтой гуырдзиагыл). Фæлæ «гуырдзиаг абырæг» æхсæвы тары йæ батальоны ра- кодта иемыцы æндон цæгæй æмæ ноджы æнæхатырдæрæй цагъта СС-ы хъæхъхъаг куиты. Æрмæст авд фæхъуыдис уыцы хæсты советон партизантæй, немыцæгтæ та хæсты быдыры ныууагътой дæс æмæ æртиссæдз марды... Афтæ фыста «гуырдзиаг абырæг» йæ хæс Райгуырæн бæстæйы, партийы æмæ йæ уар- зон адæмы раз. Уый кæрæй-кæронмæ сыгъ- дæг зæрдæимæ ацыд тохы фæндагыл æмæ хæст куы фæцис, уæд ахæм сыгъдæг зæрдæимæ, фæлладæй, цæфтæй, фæлæ сæрысты- рæй сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. III Нæ, йæ фæллад суадзынмæ нæ равдæлд ныр дæр Смелы. Уый ногæй аныгъуылд æх- сæнадон-партион куысты. Фæндыдис æй, 51
хæсты арф хъæдгæмттæ тагъддæр куы бай- гас уыдаиккой æмæ та адæм сæ риуты дза- гæй куы сулæфыдаиккой, уый. — Мæнæ ма иучысыл... Иу-дыууæ азы ма æмæ æрбынатон уыдзыстæм. Бафæразут ма иучысыл, стæй уын мæ арм фынгæн дар- дзынæн, мæ дæндаг та — цырагъæн, — кæд- дæры хуызæн та дзуапп лæвæрдта Смел йæ бинонты уайдзæфтæн. О, фæлæ барджын æмæ тызмæг Сталин йæ фидар къухтæй æлхъывта адæмы бартæ. Знаг Берияйы фæсдзæуинтæ раздæры хуызæн æфхæрдтой рæстзæрдæ æмæ æназым адæймæгты. Ныртæккæ Смелы нæ фæнды уыдæттыл дзурын. Нæ йæ фæнды, уымæн æмæ йын зын у сæ мысын... Мæнæ фæрсæй-фæрстæм бадæм кæсæгты цады был. Ам нæма фæбури кæрдæг. Доны уæлцъар цъæх-цъæхид дары æмæ дзы сæхи найынц хуры фæстаг тынтæ. Смел сæм æдзынæг • кæсы. Дард кæдæмдæр æй ахас- той йæ хъуыдытæ. Кидаем, цымæ? Хæсты тугвæндæгтæм? Нæ, уырдæм нæ, уыдоны тыххæй абондæргъы фæдзырдта... Фæлæ тъæнджы мæй... 1947 азы тъæнджы мæй... 7-æм явнарь. Цы æнамонд æхсæв скодта уæд!.. Тымыгъ ниудта æддс. Миты тъыфыл- тæ хоста рудзгуытыл. Раджы фæивгъуыд- та æмбисæхсæвæй, фæлæ нæма æрхуыссыд Смел. Стъолы уæлхъус бадтис æмæ кастис цавæрдæр чиныг. Уалынмæ æрбахостæуыд дуар. 52
— Кæцы дæ уый? — бафарста Смел. — Хицæттæ, — дзуапп радта чидæр. Байгом дуар æмæ уыцы «хицæттæ» се- мæ кæдæмдæр акодтой Смелы. Æрмæст иу- нæг дзырд схаудта сæ дзыхæй; — Ахст дæ!.. Иунæг дзырд, фæлæ ихджын доны хуызæн уазал, здыйы егьау къæрттæй уæззаудæр, æхсаргардæй цыргъдæр, арвы цæфæй тых: джындæр... Ницы дзуры Смел. Æрмæст йæ уæнгтæ ризæгау скодтой æмæ æвиппайды фæтар йæ цæстæнгас. — Нæ хъæуы... ницæмæн хъæуы уыдæт- тыл дзурын... Аивгъуыдта уыцы фыд за- ман,—æппынæрæджиау загьта Смел, ком- коммæ æрбакаст мæнмæ: — Цæй, нæма цæуæм? — Цæудзыстæм, фæлæ уæддæр куыд ра- уад дæ хъысмæт? Ау, хæсты рæстæджы кæм^ уыдтæ æмæ цы куыстай, уый1 Киевы нæ зыд- той? — ныллæууыдтæн æз. — Куыд нæ йæ зыдтой, — бынтон фæсус хъæлæсы уагæй загъта Смел, — зыдтой æй. Дыууæ хатты мын хæстон трибуналы æв- зæрстой мæ хъуыддаг æмæ мæ дыууæ хатты дæр сраст кодтой. Фæлæ цавæр заман уы- дис, уый дæхæдæг зоныс. Берияйы хъузæт- тæ æууæндыдысты цавæрдæр æдзæсгом дзырдхæссæг Котенко Тамарæйы æрæмысæг- гаг ныхæстыл, кæрæй-кæронмæ тохы фæн- дагыл кæимæ ацыдтæн, уыдоны ныхæстæ та æппындæр ницæмæ дардтой. Уымæ гæсгæ 53
хæст'он' трибуналами домдтой мæнæн карз тæрхон рахæссын. Раст дын куы зæгъон, уæд æз абон дæр бæлвырд нæма æмбарын, ц&мæй мæ зылын кодтой, уый. Æртæ азы æмæ æрдæг фæбадтæн бынтон æнæсудæй — слестгæнджыты бон нæ уыдис мæ ныхмæ давæрфæнды зылынгæнæн æрмæг дæр æрæ- вæрын. Гъе, фæлæ мын уæддæр ссуд кодтой... Дæс азы мын ныххуырстой, мæ хур. Ахæм хабæрттæ нæм иу æмæ дыууæ хатты рауадис? Смел сыстад йæ бынатæй æмæ та фæком- коммæ кæсæгты малы сыгьдæг æмæ цъæх- цъæхид уæлцъармæ. Æнæнхъæлæджы фæ- рухс йæ хурсыгъд цæсгом. Бæрзонддæр схæ- цыд йæ тæнæг æрфгуытыл. Цавæрдæр æх- <сызгон æндæрг фæзынд йæ сыгъдæг цæсты- ты, афтæмæй мæ уыцы уæзбынæй бафарста: ' — «Арв сыгъдæгæй баззадис», зæгъгæ, ахæм киноныв нæ федтай? — Федтон, — дзуапп радтон æз. — Тынг хорз ныв у... Мæ зæрдæмæ дзы тынгдæр цы фæцыдис, уый зоныс? — Цы? — Рагуалдзæджы дæттæ куы базмæлы- дысты, цъенгæ ихтæ скъуыдтæ гæнгæ æмæ гыбар-гыбургæнгæ куы фенкъуысты- сты, уыцы нывтæ... Уыцы уалдзæг атадысты мæнæн дæр мæ зæрдæйы фæзгъæртæ... Суæгъд дæн ахæстонæй... Фæстæмæ мын радтой мæ партион билет... Æмæ мæнæ ныр дæ цуры лæууын. Æрбакæс мын мæ дæргъ- 54
мæ дæр æмæ мæ уæрхмæ дæр. — Куыд уыд- тæн, афтæмæй баззадтæн/— йæ дзыхы дзаг ныххудти Смел æмæ йæхимидæг базарыд: —Гъе уый дын мæ митæ, Куыд фæнды сæ дом. Фæрсыс ма мæ: «Чи дæ?» — Уæд иунæг мæ ном... — Гъе, æрмæст иунæг нæ дæн. Уый аф- тæ æнæуи загътон, Къостайы зарæгæй ны- хæстæ аппарæн кæй нæ ис, уый тыххæй... Бирæ мын ис æфсымæртæ æмæ хотæ Уæрæ- сейы, Украинæйы, Белоруссийы... Мæнæ ам иæхимæ, Ирыстоны. Нæ бæстæйы алы къуымты... Дыууæфондзыссæдз милуанæй фылдæр сты мæ хотæ æмæ ме 'фсымæртæ... * Фæстæдæр æз ногæй хъуыды кæнын рай- дыдтон Смелы хъысмæтыл. Цымæ йъш йæ фæллад суадзын афон нæма у? Уымæй йæ комкоммæ бафæрсын никуы бауæндыдтæн. Нæ йæ бафарстон пыр дæр, уæлдайдæр та йæ биыонты кой кæнын куы райдыдта æмæ уымæй йæ зæрдæйы цавæрдæр æхсызгон æнкъарæнтæ куы ивылдысты, уæд. — Фондз чызджы рахъомыл мæ хæдзары æмæ сæ бузныг дæн. Ницæмæй цæуынц мæ эæрдæхудты... Æртæйы дзы чындзы арвы- стон æмæ дзæбæх цæрынц... 55
Смел æркаст йæ сызгъæрин сахатмæ æмæ тынгдæр барухс йæ цæсгом. — Ацы сахат дæр мын мæ чызджытæй иуы лæвар у... Лидæ мын æй балхæдта йæ фыццаг мыздæй, — йæ ныхас дарддæр код- та Смел.—Бабайы чызджытæсты иууылдæр. Азæ дæр, Лидæ дæр, Земфирæ дæр, Светæ дæр, Лизæ дæр... Вовæ та бабайы лæппу у... Азæйы зæрватыккæй зæгъын... Нæхимæ вæй- йы. Æмæ сын æй нал ратдзынæн... Ау, Лидæ мын сахат куы балæвар кодта, уæд мын Азæ исты цæуылнæ хъуамæ балæвар кæ- на? Гъемæ мын Вовæ, бабайы лæппу, йæ лæвар фæуæд... Æз хъусын Смелмæ æмæ дис кæнын йæ зæрдæйы сыгъдæг æнкъарæнтыл, йæ хъæз- дыг удыхъæдыл, йæ бирæ бæллицтыл. Ницы æмбæхст æмæ сау хъуыдытæ ныууагътой хæст æмæ ахæстон ацы адæймаджы зæрдæйы. Баззадис кæддæры хуызæн цардбæл- лонæй æмæ стыр хъуыддæгтæм тырнæгæй. Чысыл ын нæ бантыст йæ царды фæндагыл, фæлæ æгъгъæд никуы ницæмæй загъта. Кæд- дæриддæр бæллыдис адæмы амондмæ æмæ йæм бæллы ныртæккæ дæр. 1959 азы дæр партийы Æрæфы райкомы фыццаг секре- тары куыстæй уый тыххæй рацыд ацы кол- хозмæ. Республикæйы тæккæ фæстæзаддæр колхозтæй иуыл нымад уыдис уæд быдыры Хъахъхъæдуры Карл Марксы номыл колхоз. Ныр сырæзыдис. Сфидар. йæ ном ай- хъуыст дардыл. 56
Колхоз куыд сырæзыд, афтæ сырæзыды- сты адæм дæр. Сырæзыдысты удыхъæды сыгъдæгдзинадæй æмæ культурой æгъда- уæй. Бынтон æндæрхуызон цæстæнгас да- рынц фæллоймæ, æхсæнады хъуыддæгтæм. Уыдис ахæм хабар. Смел ам кусын куы рай- дыдта, уыцы аз скодта æвзæр фæззæг. Уы- мæй размæйы азты бирæ колхозонтæ фæ- лыгъдысты алы рæттæм. Уый уымæн, æмæ сæ фæллойæн ницы истой. Сæ зæрдæ ницæ- мæ радис... Иу фæззыгон райсом колхозы уынаффæ- доны дуармæ Смелы æрурæдта ацæргæ сылгоймаг. — Ныхасæн мæ хъæуыс, — йæ цæстытæ доны разилгæйæ, загьта сылгоймаг. — Цæмæй тыхсыс, нæ мады хай? — ба- фарста йæ колхозы сæрдар. — Бирæ сывæллæттæ мын ис. Кусын- хъом сæ ничи ма у... Мæхæдæг афæдзы дæргъы иунæг бон дæр никуы фæцух дæн колхозы куыстæй... Нæ лæг дæр афтæ... Фæ- лæ нын дæтгæ ницы ракодтат... Кæйдæртау искæдæмты фæцæуын нæ фадат нæ амоны... Истæмæй нын баххуыс кæнут... Баххуыс сын кодтой. Рацыд цалдæр азы. Сылгоймаг ссис Ша- наты Хъазыбеджы номдзыд звенойы хуыз- дæр кусджытæй иу. Æмæ фарон фæззæг но- гæй уынджы баурæдта Смелы. — Исты æххуыс курæг та мæм æрбацыд- тæ? — хъазгæмхасæнæй йæ бафарста Смел. 57
Сылгоймаг бахудт: — О, æххуыс курæг. Нæ бинонты нын хорз зоныс. Кæддæры хуызæн тæнæгкъух нал стæм. Нæ лæгимæ æнæхъæн афæдз фæ- куыстам колхозы... Чысыл æфтиаг не 'рба- цыд нæ хæдзармæ хорæй дæр æмæ æхцайæ дæр. Ныр нæ звеновод нал уадзы, уæ хор, дам, раласут. Мæнæ уæлæмхасæн мызд кæй хонут, уымæй зæгъын... Æхсæрдæс тоннæйы дам, уæм цæуы нартхор. Гъемæ нæ лæгимæ æркастыстæм æмæ бауынаффæ кодтам: уый- бæрц хор нæ ницæмæн хъæуы. Йе 'мбис ын колхозы ныууадзæм, æмæ йын паддзаха- дон аргьæй цы 'мбæлы, уый пын æхцайæ раттæнт... Кзед сæ амал нæу, уæддæр бар сæхи... Смел æвиппайды дзуапп раттынмæ нæ са- рæхст сылгоймагæн. Иуæй йын æхсызгон уыд, колхозонтæ сæ фæллойæ райгонд кæй сты, уый, иннæмæй та йæ цæстытыл ауады- сты цыппар-фондз азы размæйы хъуыддæг- тæ. Æмæ сылгоймаг куы ацыд, уæд дæр ма ну дзæвгар фæкаст йæ фæдыл. Нæ, ныр ахæм адæм колхозы бирæ ис. Ивгъуыд азты ардыгæй æндæр рæттæм чи фæлыгъд, уы- дон иууылдæр æрыздæхтысты фæстæмæ, æмæ быдырты, фермæты, арæзтадон бри- гæдты æмдых-æмзондæй кусынц. Фарон колхозонтæ сæ фæллойæн æрмæст уæлæмхасæн мызд райстой 68 мин путы нартхор! Чысыл нæ райсдзысты ацы аз дæр. Фæлæ уыдæттæ æгъгъæд нæ кæсынц кол- 58
хозы сæрдармæ. Æгьгъæд нæ кæсынц адæ- мæн сæхимæ дæр. Уымæн æмæ зонынц: хъæуы дарддæр цæуын. Хъæуы ног фæн- дæгтæ сгарын, ног рындзтæм лæгæрдын. Афтæ домы парти, афтæ сиды Райгуырæн бæстæ. Цымæ Смел бафæраздзæн уыцы фæнда- гыл ног рындзтæм схизын? Нæ фæтасдзыг сты йæ зæнгтæ? Мæнæ та йын æз фæком- коммæ дæн йæ цæстытæм. Куыд сыгъдæгæй баззадысты, куыд фæлмæн, куыд уарзæгой сты! Смелы зæрдæйы, коммунисты зæрдæйы айдæн сты уыцы цæстытæ. Уæдæ кæронмæ дæр афтæ сыгъдæгæй баз- зайдзæн Смелы зæрдæ? Мæн уырны: Баззайдзæн! Нæ фæцуддзæн! 1962 аз.
/&ЖСÆ. 3 МИН ДГФАЙ11 Йрыгон адæймаг йе 'мбæлттимæ йæхи ирхæфста Реданты фале, Арвы комы. Улæфыд йæ риуы дзаг. Дзагцæстæй фæлгæсыд хæхтæм. Хъуыста тар хъæ- ды бæлæсты сыбар-сыбурмæ, мæргъты цъы- бар-цъыбурмæ. Кæсагау цъыллинджытæ кодта Терчы абухгæ уылæнты. Фæндыдис æй зæрватыкк фестын æмæ арвы цъæхмæ стæхын... Дзаг уыдис æрыгон адæймаджы зæрдæ рæсугьд фæндтæй æмæ бæллицтæй-. Арды- гæй изæрмæ баулæфдзæн лæппу ам. Стæй фæстæмæ уæнгрогæй аздæхдзæн сæ хъæумæ. Райсом та арф батулдзæн йæ дыстæ æмæ та ногæй аныгъуылдзæн стыр æмæ фæрнæй- дзаг куысты... Фендзæн та йæ уарзон чыз- джы, фæкæндзысты сæ зæрдæбын ныхæстæ... Йæ цæстыты раз та слæудзысты фидæны нывтæ. Сæ хæрзæфснайд, уазæгджын кæрт. Къæрццæмдзæгъд хъазт, симд, хъæлдзæг зарæджы зæлтæ... Æмбисондычындзæхсæв... Чи æфсады ахæм æрыгон адæймаджы цæ- рынæй, кæдæм æй нæ ахæссынц йæ базыр- джын хъуыдытæ! Даргъ æмæ уæрæх сты 60
йæ фæндæгтæ, бирæ—йæ рухс фæндтæ, бæл- лиццаг — йæ царды нысаи. Уадз æмæ йæ къухы бафта уыцы нысан, уадз æмæ сæры- стыр у а йæ алы къахдзæфæй дæр!.. Кæс ма йæм: уартæ фæтæхы мотоциклы. Дымгæ йьш хъазы йæ сæрыхъуынтæй. Йæ фæдыл кæсынæй нал æфсæдынц йе 'мбæлт- тæ. — Сабырдæр! — ныхъхъæр æм кодта чи- дæр æмæ йын йæ хъæлæс сфæзмыдтой хæх- тæ. — Фæстæмæ раздæх! — фæстиауæй йæм æрбайхъуыст æндæр кæйдæр цъæхснаг хъæлæс. Фæлæ йæм уый фæстæмæ дæр нæ фæ- каст. Топпы нæмыгау тæхы размæ. Йæ хъусты æхситт кæны сатæг дымгæ. Чысыл йедтæмæ нал зыны. Уартæ фæндаджы фæзи- лæнмæ бахæццæ... Æмбæлттæ сæ цæстытыл ныххæцыдысты. Тарст бæлæттау фæпырх сты сæ хъуыдытæ. Ныддыз-дыз кодтой се 'уæнгтæ... Лæппутæ федтой: фæндаджы фæ- зилæнæй фæзынд стыр автобус, комкоммæ йæ размæ тахт мотоцикл, скъуырдтой кæ- рæдзи. Æмæ фыдохы уацхæссæгау арвмæ стахтис бæзджын рыджы къуыбылой, стæй æнцадгай апырхи сыгъдæг уæлдæфы... Æмæ мæнæ ныр уыцы æрыгон адæймаг уæлгоммæ хуыссы рынчындоны операцигæ- нæн стъолыл. Хуыссы æнæзмæлгæйæ, сау- хъулæттæ æмæ тугæрхæмттæй. Залиаг кал- мау æм хилы мæлæт. Йæ рæзгæ буары йын арф ныссагъта йæ сау дзæмбытæ. Тоны йын 61
йæ зæрдæйы уидæгтæ. Æхгæны йын йе сулæ- фæнтæ. Фæлæ лæппу ницы уыны. Нæ йæм хъары йæ уæззау цæфты рисе. Гуыв-гуыв кæ- нынц йæ хъустæ. Æнæхатыр мæлæт æм æв- зиды йе 'згæ хъамайæ. Ныртæккæ йын æй ныесадздзæн йæ риуы æмæ бакъуырма уыдзæн æнусмæ, аскъуындзæн, цардимæ ма цы æндахы халæй бает у, уый... Хъæбысхæсты бацыдысты цард æмæ мæлæт. Царды рохтæ йæ къухтæм райста дох- тыр. Ныр цалдæр сахаты дæргъы уый фидар хæцы уыцы лыстæг æндахы халыл. Хизы йæ мæлæты сау хъамайы фæстаг ныдздзæх- стæй. Æмæ йын бауромын куынæ бакома, уæд та? Ау, æмæ цымæ афтæ дæр рауайа хъуыддаг? Цынæ вæййы, уæлдайдæр ахæм æвирхъау рæстæг? О, уæззау æмæ æнуд у æхсæв. Æдде къуыс-къуыс кæны хуссайраг дымгæ. Йæхи- цæн æнæмæтæй хъазы бæлæсты сыфтæртæй. Змæлы горæгг. Арвы æнæкæрон денджызы фæленк кæнынц урс-урсид æврæгьтæ. Ты- бар-тыбур кæнынц стъалытæ. Уалæ мæй, æрхуы тасау, слæсыд хæхты фæсонтæй... Райсом, иннæбон дæр та фенæн уыдзæн уыцы нывтæн. Фæлæ сæ мæнæ ацы æрыгон адæймаг куынæуал фена, уымæй тæссаг у. Дохтыр, æмæ уый дæуæй аразгæ у ныртæккæ. Мæнæ рынчындоны цур æрæмбырд сты адæм. Иууылдæр дæумæ кæсынц, иу- уылдæр дæуыл дарынц сæ зæрдæ. Курынц дæ: 62
«Мæлæты хъама асæтт йæ астæуыл. Ма~ уал æй бауадз фездыхсын. Фидардæр хæц уыцы лыстæг æндахыл æмæ йæ ма бауадз аскъуынын». Фæлæ дохтыр бафæллад мæлæтимæ хъæ- бысхæсты. Хиды ставд æртæхтæ гæр-гæр кæ- нынц йæ тæрныхæй. Судзынц йе 'уæнгтæ, йæ риуы та сыстад уазал тымыгь. Цымæ цас рæстæг архайы рынчынимæ? К<ВД æй рай- дыдта операци кæнын æмæ йæ кæд фæуы- дзæн?.. — Ахицæн... Ныууадз æй, — райхъуыст хирурджы æххуысгæнджытæй кæйдæр фæл- лад æмæ сабыр хъæлæс. Хирург ницы сдзырдта. Уый йæ цæстæпга- сæй бацамыдта: «Кислород». — Ахицæн, — ногæй та йæ хъустæ ацах- стой кæйдæр хъæлæс. — Æгъгъæд! — уæззау, фæлæ фидар хъæ- лæсы уагæй дзуапп радта хирург. Æхсæз мин хатты æруагъта операцигæ- нæн кæрдтæ адæймаджы буарыл уыцы ныл- лæггомау, халассæр хирург. Æхсæз мин хатты комкоммæ бакасти мæлæты тугæрхæм цæстытæм, æхсæз мин хатты йын йæ сау дзæмбытæй скъахта адæймаджы цард. Уæ- дæ ныр чи загьта: «Аивгъуыдта». Аивгъуыдта? Йæ буар ныууазал? Йæ цæс- гом мæрдон фæлурс ныццис? Нæ, нæ, уы- мæн уæвæн нæй! Хъуамæ фервæза, хъуамæ цæра. Дохтыры алыварс æртыгуыр сты йе 63
'ххуысгæнджытæ. Иунæг сыбыртт дæр дзы никæмæй хауы. Ницы дзуры уый йæхæдæг дæр. Æрмæст ныронджы хуызæн резинæ æрмкъухты цырд змæлынц йæ къухты æн- гуылдзтæ æмæ æрттиваг лыстæг судзинтæй рæхсынц рынчыны хæбрæгътæ буар, къан- нæг аркъаутæй дзы ласынц стæджы схъи- стæ, хуийынц ын йе скъуыд тугдадзинтæ. Туг банцад йæ цæуынæй. Дохтыры цæсгом гæзæмæ фæрухс. Хаты, æрыгон адæймаджы зæрдæ ногæй кæй скуыста, уый. Фæлæ ацы уæззау цæфтæ æмæ арф хъæдгæмттæ. Æр- 'тæ раны цæхгæр фæсасти зæнг, ныппырх сты йæ фæрстæ. Зæрдæмæ æввахс бацахст туг. Дохтыр æмбары — хъæуы йæ асыгъдæг кæнын, саст стæджытæ æрæвæрын хъæуы сæ бынæтты... О, мæрдон сабыр у операцигæнæн уат. Æрмæст хаттæй-хатт кæртæй, рудзгуыты бынæй æрбайхъуысы адæмы сусу-бусу. Уый рæстæггай сиу вæййы дохтырæн йæхи зæрдæйы цæфтимæ. Уым нæма басабыр уа- ды ниуд, тымыгъы æхситт. Дохтырмæ афтæ дæсы, цыма йæм цавæрдæр æнæбæрæг хъæ- лæстæ дзурынц: «Мæлæт йæ къухтæ æр- уагьта, зæхмæ æрхаудта йæ уазал хъама... Сие æй, сие æй æмæ йæ тагъддæр нывзил иуварсырдæм!» «Не 'суæгъд кæндзынæн, не 'суадздзы- нæн!» — йæ былтæ баамæлæгау кодтой дохтырæн, цыма искæмæн дзуапп дæтты, уыйау. Æмбисæхсæвæй раджы фæивгъуыдта. 64
Скæсæнырдыгæй æрбарухс сты арвы кæ- рæттæ. Тагьд та сæрттивдзысты сæууон ху- ры тынтæм. Бæлæсты къалиутыл та пæр- рæстытæ кæнын райдайдзысты мæргътæ. Æрдз та райсдзæн йæ диссаджы фæндыр æмæ дзы æрцæгъддзæн. Зноиау та ныйирд уыдзæн Арвы ком. Цъититæй та расимдзæн сатæг дымгæ. Цард комæй-коммæ, хохæй- хохмæ анывæнддзæн йæ рæсугъд тынтæ. Уыдоны æхсæн тæмæнтæ калдзæн мæнæ ацы æрыгон адæймаджы царды æндах дæр æмæ йыл кæддæриддæр зыидзæн дохтыры фæр- нæйдзаг къухты фæд. Фæлæ ныртæккæ ууыл нæ хъуыды кæны дохтыр йæхæдæг. Аив- гъуыдта йыл дысоны фыдæхсæв. Цыма йын йе 'уæнгтæ фæхты ныххостæуыд, уыйау æруæззау сты. Бафæллад, тынг бафæллад дохтыр мæлæтимæ дæргьвæтин хъæбыс- хæсты. Ныр рынчыны ахастой операцигæ- нæн уатæй. Дохтыр ма иу цасдæр цавдду- рау фæлæууыд стъолы уæлхъус. Сындæггай бадыд урс хъуымацæй æмбæрзт тъахтинмæ æмæ йыл æнцадгай йæхи æруагъта. Акает йæ алыфæрстæм, æмæ кæд агъуысты йæ цæст никйвуыл æрхæцыд, уæддæр едзырдта: — Тамако... Иу тамако мын... Хирург Дзеранты Хаджумарæн уый уыдис æхсæз минæймаг операци. Æхсæз мин опе- рацийы! Æнцон сты дзыхæй зæгьынæн. 5 Цæудзыстæм та дардмæ 65
Æвæццæгæн æмæ искуы фыст куынæ цæуик- кой, уæд ферох уыдаиккой йæхицæй дæр, йæ сабийы бонтæй дзы бирæтæ куыд ферох сты, афтæ. Уæвгæ дзы рох дæр кæм фесты. Абоны хуызæн ма йæ зæрдыл дары, ссæдз азы размæ сæ хъæу Æрыдоны цытæ федта, суанг уыдæттæ дæр. Уæд æй хъæуы фæсивæд иууылдæр хорз зыдтой. Иу чысыл-иу акодта фыдуаг митæ, фæстæмæ сдзураг уыдис хистæртæм дæр. Фæлæ кæддæриддæр фæсивæды æхсæн бæ- рæг дардта йæ цæрдæгдзинадæй æмæ хъæл- дзæгдзинадæй. Ничи йæ æмбылдта хъæбыс- хæстæй æмæ бæхыл бадынæй. йæ къухты дзæбæх фидыдта мандолинæ дæр. Хæрз- арæхст уыдис кафынмæ æмæ зарынмæ. Астæуыккаг скъола каст куы фæцис, уæд та бацыд трактористты курсытæм. Фæцис сæ каст, æмæ ныртæккæйы зындгонд богал Хъуылаты Бадзиимæ «ЧТЗ» тракторæй фæлдæхтой колхозы зæххытæ. Хаджумар — тракторист, Бадзи—прицепщик. Дыууæ уар- зон æмгары æхсæн-иу арæх рауад ныхас сæ фидæны нысанты фæдыл. — Хæст куы фæуа, уæд ацæудзынæн спорты фæндагыл, — фидарæй дзырдта Бадзи. Ахæм рæстæг-иу Хаджумар йæ цæстæн- гас ахаста быдыртыл. Зæхх ма хъæрзыдта хæсты арф хъæдгæмт- тæй, фæлæ йæ цъæх сгæлладау æрæмбæрзта ногдзыд кæрдæг. Рæвдыдта йæ уалдзыгон 66
фæлмæн дымгæ. Худтысты йæм хуры тынтæ. Алыхуызон хъæлæсæй йын зарыдысты мæргътæ. Уыцы нывтæм кæсгæйæ-иу Хаджу- мар дзуапп лæвæрдта Бадзийæн: — Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ хастæуы. Мæ фыд Петры дæсны механик хонынц. Хæлæг æм кæнын. Æмæ æз уый фæдыл ацæудзынæн. Суыдзынæн механизатор. Хуым кæндзынæн, таудзынæн... Фæлæ лæппуйы царды æнæнхъæлæджы æрцыд, йæ фидæны фæндтæ æмæ йын ны- сантæ æвиппайды чи æрызгъæлдта, ахæм цау. 1943 азы уалдзæджы Æрыдоны фале зæхх фæлдæхтой дыууæ трактористы. Гу- тæттæ сыджыты бынæй скалдтой цалдæр автоматы, адæймаджы мæрдтæ. Дыккаг бон та хъæугæрон æфсæддон сапертыл фехæлд минæ. Трактористтæ æнкъардæй кастысты цæф адæймæгтæм. Хъуыстой сын сæ хъæр- зын. Тугæй ахуырст дидинджытæ сæ сæртæ æууадæй æруагътой зæхмæ... Изæры та... Изæры та æфсæддон рынчын- доны дохтыртæ операци кодтой, минæйы схъис йæ сæры фахс кæмæн батыдта, ахæм афицерæн. Æрыгон тракторист мидæмæ кас- тис гом рудзынгæй æмæ йæ цæссыг нал урæдта. Иæ цæстытыл уадысты, знон æмæ абон цы мæрдтæ федта, уыдон. Æмæ фыц- цаг хатт аныгъуылд арф æмæ уæззау хъуы- дыты. Ноджы тынгдæр суынгæг йæ зæрдæ. «Цымæ чи сты? Кæм цæрынц сæ ныййар- джытæ, сæ бинонтæ?.. Кæд афонмæ æнæр- 67
хъæцгæйæ æнхъæлмæ кæсынц постхæссæг- мæ. Фæнды сæ сæ хъæбулты хорз хабæрттæ фехъусын... Кæд сын æнахъом сабитæ ис æмæ уыдон дæр баййардтой сæ мадæлты: «Кæд æрцæудзæн нæ фыд. Цы нын æрхæс- дзæн йемæ?.. О, æнхъæлмæ сæм кæсынц сæхимæ. Фæ- лæ уыдон мæнæ ам хуыссынц æнæзмæл- гæйæ. «Æмæ сын, цымæ, фервæзын кæны- нæн ницы амал уыд?» «Ау, уæрпæ ныртæккæ операци кæмæн кæнынц, уый дæр амæл- дзæн?..» «Ау, мæлæт афтæ æнæхатыр, æвир- хъау æмæ æгоммæгæс у?». «Куыд амонд- джын у, мæлæты дзæмбытæй адæймаджы цард байсын йæ бон кæмæн у, уый...» «Тæ- худы ныр мæнæн дæр мæ бон уыцы тыхст адæмæн истæмæй баххуыс кæнын куы ба- уид»-.. «Æмæ цæмæй, куыд?». Æхсæв бонмæ хуыссæджы цъынд не 'рхæ- цыд Хаджумары цæстытыл. Æхсæв бонмæ рафт-бафт фæкодта йæ хуыссæны. Куы-иу æррæдзæ-мæдзæ кодта, уæд та йæм-иу тугæйдзæгтæй фæзындысты цавæрдæр адæй- мæгтæ æмæ дзы лæгъстæгæнæгау куырдтой: «Феххуыс нын кæн...» Райсомæй арвы кæрæттæ нæма æрбарухс сты, афтæ фестад Хаджумар æмæ, расыг лæгау цудтытæ гæнгæ, рахызт кæртмæ. Йæ- хи ныхсадта æмæ араст йæ куыстмæ. «Æз хъуамæ суон дохтыр, хирург... Æрмæстдæр хирург... Адæймаджы ирвæзынгæнæг... Мæлæты хурхыл хæцæг...» 68
Æмæ йæ уыцы хъуыдытæ афæдзы фæстæ бахизын кодтой медициной институты дуа- рæй. Фондз азы дæргъы й'æ фæхастой сæ фæсарцы. Институт каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ йæ кусгæйæ ныу- уагьтой ардинатурæйы. Уымæй размæ дæр, практикæйы уæвгæйæ, Хаджумар скодта иу къорд рог операцийы, æмæ йыл сæ цæсты- тæ æрæвæрдтой институты халассæр ахуыр- гæнджытæ æмæ профессортæ. Къорд азы дæргъы фæкуыста зындгонд хирургтимæ — профессортæ Полиевктов Иван æмæ бирæ æндæртимæ. йæ зæрдыл сæ дардзæни æнус- мæ. Уыдон æй бафтыдтой медициной наукæ- йы стыр фæндагыл. Уыдон ыл ныссагътой базыртæ тæхынæн. Уыдон ын бауагьтой йæ къухты æхсар, тых æмæ арæхстдзинад... Æмæ сæ мысы, никуы сæ ферох кæндзæн, фыццаг хатт иунæгæй адæймаджы хъысмæт йæ къухтæм куы райста, уыцы бон куыд никуы ферох кæндзæн, афтæ. Уый та уыдис 1952 азы, зымæджы. Опе- рацигæнæн стъолыл хуыссыд фондз æмæ ссæдз аздзыд лæппу. Иæ уыргтæ схæф сты... Æдде мит фæлдзæгъдæн кодта, хаста ты- мыгь. Тымыгъ ниудта æрыгон специалисты риуы дæр. Фыццаг операци... Цынæ вæййы... Куынæ фæрæстмæ уа, миййаг... Афонмæ йæм йæ бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ зæрдæ дарынц, цасдæр рæстæджы фæстæ сæм хъаз- гæ-худгæйæ кæй фæзындзæн, ууыл... Æмæ афтæ куынæ рауайа, уæд та?.. Миййаг... 69
мий'йаг æнусмæ куы бафынæй уа ацы стъо- лыл... миййаг... Фæлæ æрыгон дохтыр фæуæлахиз мæлæ- тыл æмæ йын дыккаг бон рынчындоны сæй- раг хирург Сументы Николай йæ къух рай- ста: — Бузныг... Арфæ дын кæнын,.. Уый уы- дис иттæг хорз операци... Уæдæй фæстæмæ бирæ вазыгджын опера- цитæ скодта Хаджумар. Æмæ дзы цы нæ уыд: ахсæны хъæдгæмттæ, уыргтæ, уæнг- сæстытæ, зæрдæ... Бады мæ фарсмæ Хаджумар æмæ сывæл- лонау худы йæ сыгъдæг цæстытæй. Айв—йæ фезмæлд, фæлмæн—йæ дзыхы ныхас. Фынд- дæс æмæ йыл ссæдз азы йедтæмæ нæма цæуы, афтæмæй йæ сæрыхъуынтæ урс халас равæрдтой. Худы æмæ дзуры йæ куысты, йæ ахуыры, йæ дарддæры нысанты тыххæй. йæ цæстытыл уайынц, цы æхсæз мин опе- ,рацийы скодта, уыдонæн сæ тæссагдæртæ æмæ уæззаудæртæ. Хаттæй-хатт радзуры йæ рог операциты тыххæй дæр. Æмæ йæм, цæ- мæдæр гæсгæ, худæг фæкæсынц. — Æмæ сыл куыннæ худтæуа, — зæгъы йæхæдæг. — Куыд нæ сыл худтæуа... Рын- чын дохтырыл куы æууæнда, уæд тæрсгæ къаддæр фæкæны... Ис фидар адæймæгтæ... Ис тæппудтæ дæр. Гъе, ныр райсæм иу ахæм хабар. Уый æрæджы уыдис. Æрбакодтой мæм иу рынчыны. Йæ куырмтъанг, дам, лыг кæнинаг у. «Уый зын нæу», — загьтон æз. 70
Рынчыны æрæвæрдтон операцигæнæн стъо- лыл. йæ цæсгомы туджы цъыртт нал аз- зад. Зыр-зыр кæны стъолыл. Куыд æм бав- нæлдæуа афтæмæй? Фæрсын 'æй: — Хорз лæг, тæрсгæ кæныс? — Раст дын куы зæгъон, уæд тæрсын. Миййаг... — Мацæмæй тæрс. Ныртæккæ дын æз укол кæндзынæн æмæ дып куы рисса, уæд мын-иу зæгъ. — Хорз... — Кæд дæ фæнды, уæд дæ уæхимæ дæр арвитдзынæн, операци дын не 'скæндзы- нæн. Гъе æрмæст укол... Уколæн бафæраз- дзынæ? — Бафæраздзыпæи... — Уæдæ дын укол кæнын. Нæ дын рнссы? — Нæ риссы. — Ныртæккæ фæуыдзынæн! Ыæ риссы? — Риссы чысыл... — Ницы дæ рауайдзæн... Гъей, ахæссут ацы рынчыны, уколæн чи нæ фæразы, уый ма операцийæн куыд бафæраздзæн! Ахæссут æй тагъддæр... Нæ йын кæиын операци! Хаджумар йæ мидбылты бахудт йе 'ххуыс- гæнджытæм. йæ цæст сæм фæныкъуылд- та. Уыдон ахастой рынчыны. Рынчын та æмбаргæ дæр нæ бакодта, цалынмæ дох- тыр йемæ ахæм ныхæстæ кодта, уæдмæ йæ операцигоид кæй фæцис, уый. — Уый та дын психологион эффект. 71
Хъæуы уый дæр, уæдæ цы, — зæрдиагæй загъта Хаджумар æмæ та фæлмæн мидбыл- ты худт ахъазыд йæ цæсгомыл. Æз та мæхи мидæг ахъуыды кодтон уы- мæн йæ фидæныл. Тагъд фæуыдзæн фыст йæ диссертаци «Иу уыргджын адæймаджы хъысмæт». Чи зоны, бирæ ис ахæм адæй- мæгтæ æмæ сын хирург ссардзæн, æнцондæр дзæбæхгæнæи цæмæй уой, ахæм хос. Ссардзæн? Æз æууæндын, ссардзæн, ныронг опе- раци цы æхсæз мин адæймагæн скодта, уы- донæн куыд ссардта, афтæ. Æхсæз мин операцийы— æхсæз мин цар- ды æмæ æхсæз мин арфæйы! Æз дæр дын зæгъын: — Бузныг, Хаджумар!
БÆСТÆ ЙÆЗФН11 ах нæ ныхас райдыдтам быдыры... Сæрдыгон боны хуызæн æндæвта хур. Сыгъдысты фароны нартхоры хус хæ- тæлтæ. Цæгатырдыгæй къуыс-къуыс кодта дымгæ æмæ цъæхбын фæздæджы къуыбылæйттæ хаста хуссарырдæм. Хари- тон систа йæ худ. Хиды фæрдгуытæ æртыл- дысты йæ нард уадултыл. Асæрфта сæ йæ хæдоны дысæй æмæ йæ мидбынаты дзыхъ- лæуд фæкодта. Сабыргай бавнæлдта йæ зæрдæсæрмæ. Йæ бæзджын сау æрфгуыты бынæй акасти арвы кæрæттæм, стæй йæ риуы дзаг сулæфыд æмæ загъта: — Цыдæр æнахъинон у ацы уалдзæг. Тæвд бонтæ. Хус дымгæтæ. Дойны, дойны у зæххæн... Бафсадын æй хъæуы донæй. Куыддæр мæм фæсус æмæ саст фæкасти йæ хъæлæсы уаг æмæ .йæ бафарстон: — Исты дæ риссы? — Зæрдæ... Хаттæй-хатт кæмдæр срæхойы æмæ мæ къæхтæй мæ сæры онг дон фестын. Цыдæр æнахуыр дыз-дыз ныккæнынц уæнг- тæ. Зæрдæ... Сывæллонау тæргæйттæ кæны. ш 73
Агъуийы. Бар йæхи. Банцайдзæи та. Фæлæ зæхх... Зæхх! Номдзыд звеновод йæ армыдзаг систа сау сыджыт. Нылхъывта йæ. Ставд æнгуылдзты фæд ыл аззади нывæфтыдау. Æдзынæг æм ныккасти. йæ сæр банкъуы- ста: — Дон, дон æй хъæуы, — загъта та Ха- ритон æмæ сыджыты армыдзаг зæхмæ ап- пæрста. Ма тæрс, нæ дарæг, кæд а-дыууæ боны къæвда кæнæ мит не 'руара, уæд дæ бафсаддзыстæм донæй, нæ дын бауадздзы- стæм дæ ком хус кæнын... Ма тæрс, нæ дарæг, дæ зæрдæхудты нæ бацæудзыстæм! Ацы хатт ныфсджындæр æмæ зыланггæ- нагдæр уыдис Харитоны хъæлæсы уаг. Æз æм кæсын æдзынæг. Уымæн æрттивынц йе 'стыр цæстытæ, фæлгæсы быдыртæм, трак- тортæ æфсæн уæйгуытау кæм змæлынц, нартхоры хус хæтæлтæ цренæй кæм судзынц, уыцы быдыртæм. Сæ сæрмæ ахæлиу цъæх- бын фæздæг. Уалæ та йæ уалдзыгон дымгæ фæхæссы кæдæмдæр. Уадз æмæ йæ хæсса. Фæлæ йæм цæмæн нымдзасти Харитон? Фæздæг йедтæмæ ма исты у? Ныртæккæ ба- руайдзæн æмæ никуал фæзындзæн арвы цъæхы. Фæлæ дзы уаддæр йæ цæстытæ нал исы Харитон. Каед ын, миййаг, йæ сабийы бонтæ, йæ фыдæлты царды нывтæ йæ зæр- дыл æрлæууын кодта? Чи зоны, афтæ дæр у. йæ фыдæлтæ Дæргъæвсы комы райгуырдысты. Хуссар 74
Хынцæджы цардысты... Тъæпæнсæр ныллæг хæдзæрттæ. Тохынатæй калдис сæнары бæз- джын фæздæг æмæ сау калмау лæсыди Чыз- джыты хохы фæхстыл. Зæйтæ, удхæссæг зæйтæ иудадзыг ауыгъдæй лæууыдысты сæ сæрмæ. Кæцæйдæр-иу расхъиудта иу чысыл хуылычъи, сæмбæлд-иу иннæуыл æмæ топпы нæмгуытау тахтысты дæлæмæ. Семæ сайд- той сау къæйты цæндты. Банкъуыст-иу хох... Зæйтæ, удхæссæг зæйтæ! Цæйбæрц баны- гæдтат адæмæй хохрæбын уæ быны! Æнæ ингæнтæй, æнæ цыртытæй, æнæ мæрддзы- гойæ. Зæхх... уырзæй йæ агуырдтой Харитоны фыдæлтæ æмæ хæххон иннæ адæм. Агуырдтой йæ туджы аргъæй, фæлæ уæддæр сæ къухы не 'фтыди. «Зæхх, чысыл зæххы гæппæл!» — мæлгæ- мæлыны дзырдта Харитоны фыдыфыд. «Зæхх, иунæг гæппæл зæхх!» — уæззау низæй хъæрзæгау кодта Харитоны фыд. Æмæ цардыхос — зæхх агурæг рараст сты быдырмæ. Зылдысты хъæуи-хъæу. Майрæ- мададжы къахтой бæлæсты бындзæфхæдтæ. Фæлæ сыл æвæрд уыд «Рæстæгмæ цæр- ,джыты» худинаджы гакк æмæ сæ сызмæ- лын нæ уагътой бонджынтæ. Сæ сæртæ фæ- хастой стыр Хуымæллæгмæ. Хъæугæрои, уæлмæрдтæм хæстæг, бах- хуырстой иу къуым, фæлæ сыл ам дæр пъæз- зыйау бадтис уыцы худинаджы гакк — «Рæстæгмæ цæрджытæ»... 75
О, фæлæ уыцы царды нывтæ сæууон ми- гъау, уадæ уыцы фæздæгау арвы талынгты раджы куы байтыдта Октябры уад, уæд сæ цæуылнæ ферох кæны Харитон? — Арæх æрлæууынц мæ зæрдыл, — хус хæмпæлтæ куыд судзынц, уымæ кæсгæйæ, дзуры Харитон. — Цæмæн, уый мæхæдæг дæр дзæбæх не 'мбарын. Æвæццæгæн цавæр- дæр судзгæ фæд ныууагътой зæрдæйы æмæ ма искуы-иу хатт фæрæхойынц сæры магъз, сæ уазал судзинтæ фæтъыссынц буары... Ацы ныхæстæ кæнгæйæ, фæтар сты звено- воды цæстытæ, агуыппар сты йæ бæзджын æрфгуытæ, фенцъылдтæ йæ цæсгом, æрба- тымбыл кодта йæ къухы æнгуылдзтæ æмæ сæ хæрдмæ систа: — Куыдзы тугæй æхсад... Уартæ уæл- мæрдтæй йæ цырт зыны... Мæ цæстытæ дзы риссынц ныр дæр ма. Куы йæм фæкомком- мæ вæййын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма ныртæккæ сыстдзæни æмæ та абухын рай- дайдзæн: «Гъей, дзæгъæлдзу къæбыла, уæ гæмхетт роды æмæ лæгуын кæрчыты кæр- тæй цæмæн рауагътай?! Æрлæуу æмæ та дæм базилон мæнæ ацы хуынæмæн ехсæй... А-а, нæ дæ фæнды?.. Æрбадар ма дæ хæм- худтæ! Æрбадар дын куы зæгъын! У-у хай- уан, кæмæ дзурын æз?!..» — Чи уыдис уыцы аре? — фæрсын æз. Харитон йæ къух ауыгъта: — Цæмæн дæ хъæуы йæ ном? Дæлдзæх фæуæд... Кокайтæй уыдис... Уæвгæ дзы ахæм 76
æрсытæ чысыл нæ уыд. Ныр æгас нал сты. Ницæмæн дæ хъæуынц сæ нæмттæ. Дæлдзæх фæуæнт... Æниу дæлдзæх дæр фесты... Акæс- ма, акæс ацы быдыртæм! Цæст сыл не 'ххæссы! Куыд улæфынц... Ныр адæмы сты, чи сыл цæуы æмæ сыл чи цæры, уыдоны сты. Зæхх, нæ дарæг зæхх!.. Уалдзыгон хуры тынтæ ахъазыдысты Ха- ритоны цæсгомыл. Цы фæцис йе 'нкъард- дзинад? Цæмæй та сæрттывтой йæ цæсты- тæ? Кæддæры «æрсытæ» сæ ингæнтæй кæй ннкуал сыстдзысты, уымæн, æви иунæг дзырд — «зæхх» йæ дзыхы кæй абадт, уый тыххæй? Æнæмæнг, уый тыххæй. Æз æм кæсын æмæ дис кæнын йæ цæрдæг къахдзæфтыл. Нырæй размæ дæр ма къорд хатты фехъуы- стон, йæ фыдæлты хуызæн бирæ зындзи- нæдтæ кæй бавзæрста, уый... Коллективи- зацийы зын азтæ. 1937 аз... Ныдздзæхстытæ чындæуыд уæд Харитоны дæр... Фыды- бæстæйы Стыр хæсты уæззау бонтæ... Бав- нæлдтой уыдон дæр Харитоны зæрдæмæ. Фæлæ бафæрæзта æппæтæн дæр. Нæ йæ фæтасын кодтой царды хъызт тымыгътæ æмæ та мæнæ фидар нылхъывта æрдзы рæсугъд чындз уалдзæджы къух. Уый дæр æм кæсы дзагцæстæй, худы йæм йæ мид- былты. Харитон ын хъусы йæ фæлмæн хъæлæс: «Уый дæ риуыл фæскомцæдисы значок куы фæзындис... Цы? Кадджын фæс- комцæдисон сдæ, зæгъыс? Мæнæ диссæгтæ! 77
Фæллойы хъæбатыр... Сызгъæрин стъалы... Ленины орден... Адæмон хæдзарады æн- тыстдзинæдты равдысты æвзист æмæ сызгъæрин майдантæ... Фæлæуу,- мацы зæгъ — мæхæдæг фехъуыстон алцыдæр, фехъуыстон: æхсæрдæс азы фæкуыстай бри- гадирæй, фараст азы та звеноводæй... Дæ хорзæхæй, мацы мын дзур... Мæхæдæг зо- нын, мæхæдæг фехъуыстон». Æмæ Харитон ницы дзуры. Цы дзура? Бæстæ йæ зоны, Бæстæ йæм хъусы... Ай-ай, бæстæ йæ зоны, бæстæ йæм хъусы! Фæлæ «сызгъæрин чи æрзайын кодта», уы- цы адæймаджы ном ныр канд нæ райгуы- рæн бæстæйы зындгонд нал у. Фæссихор мах бадтыстæм Харитоны фæр- ныг хæдзары æмæ дарддæр кодтам нæ ны- хас. Уый нæм æвдыста й'æ бирæ лæвæрдтæ. Æхсызгонæй нын дзырдта иæ\ партийы XXII съезды æмбисонды хабæрттæ, кодта нын ду- нейы фидауц Мæскуыйы койтæ. Радзырдта нын Н. С. Хрущевимæ, партийы æмæ хица- уады иннæ разамонджытимæ, Советон Цæди- сы зындгонд адæмтимæ куыд сæмбæлд, уы- дæтты тыххæй. Февдыста нæм йæ бирæ хæрзиуджытæ æмæ лæвæрдтæ. Уый фæстæ дзы æз ракуырдтон йæ писмотæм æркæсыны бар. — Æмæ дын каст кæд фæуыдзысты?.. 78
Æртæ боны дæр сæ нæ фæуыдзыыæ æмæ æз ам демæ баддзынæн? Уыныс, уалдзæг нын нæ рудзгуытæ куыд хойы, уый? Быдыр- мæ нæм сиды, — хъазгæйæ бафиппайдта Харитон. Æз æй бамбæрстон, фæлæ ма уый уæд- дæр йæ ныхасыл бафтыдта: — Хъазгæ кæнын. Мæнæ дын хæдзар æмæ цыма, ам райгуырдтæ, дæхи дзы афтæ æнкъар. Дуар байгом æмæ къæсæрæй æрбакаст фараст-дæсаздзыд хъоппæгцæст лæппу. — Баба, мæнæ та дæм писмо. — Радав æй ардæм, Олег, — фæдзырдта йæм Харитон, — мæ кæсдæр лæппу у Олег... Кæрæдзийы фæдыл исын писмотæ, теле- граммæтæ... Мæскуыйæ, Ленинградæй, Мин- скæй, Киевæй, Ереванæй, Иркутскæй, Кæсæ- гæй, Дагъестанæй, Хабаровскæй... Æмæ дзы кæцæй иæй! Иутæ номдзыд звеноводæн ар- фæ кæнынц, Социалистон Фæллойы Геройы ном ын лæвæрд мæй æрцыд, уый тыххæй. Иннæтæ йæ фæрсынц йæ цард æмæ йæ куы- сты фæлтæрддзинады тыххæй. Аннæтæ дзы курынц, Ирыстоны зæххыл «цы сызгъæрин æрзайын кодта», уымæй мыггæгтæ, æппын мацы фæуæд, фæлæ уæд та иунæг æфсир. Кæсын дарддæр. Мæнæ писмо, къам... Уынын дзы пионерты стыр къорд. Сæ къух- тæ хæрдмæ ивазынц. Худынц. Афтæ зыны, цыма цыдæр курынц. О, курынц. Цымæ цы? Къамы бынмæ рæсугъд дамгъæтæй фыст: 79
«Дядя Харитон, пришлите нам семена кукурузы. Мы просим, очень просим!» — Кæцæй йын æнхъæлыс? — фæрсы Харитон æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. — Нæ зонын, — цыбыр дзуапн радтон æз. Харитон мæм æрбадаргъ кодта къонверт. Чехословакийæ! — Гъы, æмæ сын арвыстай? — Уæдæ? Уыдон зæрдæхудты цæуын! Мæ- хæдæг чысыл асыкк скодтон æмæ сын дзы иу путы æрдæг арвыстон. Уадз æмæ ирон нартхор зайа Чехословакийы зæххыл дæр. Гъе, фæлæ йæ райстой, æви нæ, уымæн ни- цы зонын. Нæма мæм фæхабар кодтой. Ис- куы куы фесæфа, уымæй тæрсын. Нæ, нæ фесæфдзæн. Райсдзысты йæ. Уадз æмæ зайа! Уадз æмæ уадза хæлардзинады æвзартæ! Æмæ ма ноджыдæр писмотæ, телтæ, п*ис- мотæ, телтæ... Цас сты? Æцæг загъта Харитон: кæд фæуыдзысты каст! Писмотæ Ки- тайæ, Польшæйæ, Румынæй, Корейæ... Нæ, нæ — æгъгъæд у. Уалдзæг хойы Харитоны рудзгуытæ, сиды йæм быдырмæ. Æз хатын, сындзытыл бадæгау бады Харитон. Тыхсы цæуылдæр. Кæд мемæ ныхас кæны, уæд- дæр йæ зæрдæ ам нæй. Стыр хæс æвæрд ыл ис Райгуырæн бæстæйы, адæмы раз. Хуым кæнын афон у... Уалдзæг хойы Харитоны рудзгуытæ. Хойы æмæ хойы. Дзуры йæм, куры дзы: «Быдырмæ, быдырмæ! Ма ферох кæн, ацы аз дæ нартхор байтауын фондзыс- 80
сæдз гектары кæй хъæуы, уый. О, о — фондзыссæдз гектары. Уый фаронæй дыууæ хатты фылдæр у. Алы гектары дæр дзы зве- нойы уæнгтæ хъуамæ 160 центнеры æрза- йын кæной. Ахæм х)æс райстой сæ- химæ». Нæ, Харитон иицы ферох кодта. Уартæ йæ ног зæххы хаймæ дыууæ мин тоннæйы фа- джыс куы аласта. Донуадзæн къанæуттæ йæм къахын куы райдыдта. Сыгъдæггонд фесты фароны хæтæлтæй. Ныр дæр ма судзынц уыцы хæтæлтæ быдьфы. Судзынц æмæ сын дымгæ арвы талынгты тауы сæ фæздæг... О, фæлæ кæм сты йе 'мбæлттæ та? Иунæг у Харитон? Нæу. Чысыл раздæр маем рав- дыста йæ сызгъæрин стъалы. — Æмæ йæ канд мæнæн радтой? — ба- фарста уый æмæ йæхæдæг дзуапп радта. — Канд мæнæн нæ! Уый мæ звенойы æппæт уæнгты хъæбатырдзииад æвдисæн у. Цы ба- кæнын у æнæ уыдоны мæ бон? Абоны хуы- зæн ма мæ зæрдыл лæууы ахæм хабар. Уый æндæраз уыдис. Хус рæстæг скодта. Хуымтæм дон уадзын хъуыдис æмæ сæм ра- уагьтам. Фæлæ иу ран къанау атыдта. Дон анхъæвзта атагъамæ. Мæ къухы пицы ку- сæнгарз фæцис, афтæмæй бафтыдтæн уыр- дæм. Звенойы уæнгтæ мæм дард уыдысты. Дон та æвæстиатæй бауромын хъуыдис. Мæ бон ын ницы уыдис æмæ цæхгæрмæ^ных- хуыссыдтæн къанауы. Дон мæ сæрты акалд Ъ Цæудзыстæм та дардмæ 81
хуымтæм. Æз хуыссын: сахат, дыууæ саха- ты. Хъæр кæнын — ничн мæ хъусы. Зве- нойы уæнгтæ та мæн агуырдтой. Цыдæрид- дæр уыдис, уæддæр мæ ссардтой. Æмæ мыи хуымæтæджы уайдзæфтæ фæкодтой. -Цæ- уыл, дам, сафыс дæхи. Гъы, стæй æмхуызо- нæй февнæлдтой æмæ... Гъей, байтаман, кæ- рон ма кæм уыдис мæ цииæн!.. Фæнымадта сын сæ нæмттæ, сæ мыггæг- тæ: Хабæты Георги, Гобозты Еленæ, йæ хистæр æфсымæр Тæтæри, йæ чындз Аннæ, Киситы Имакре, Азиты Асæхмæт, Габоты Хазби, Багдасарян Изетæ, Уалыты Ануси, Хуыбылты Любæ... Ис ма дзы иоджыдæр. Се 'ппæты кой дæр нын ракодта Харитоп æмæ йæ цæсгом ныррухси, йæ зæрдæ ба- хъæлдзæг. О, уыдон сты йæ фидар æнцæйт- тæ, йæ домбай мæцъистæ. Акъуыр дзы иуы, иннæйы, аннæйы — æмæ Харитоп йæхæдæг дæр æрхаудзæн. Иу михыл кау бийæн нæй. Уый хорз зоны Харитон йæхæдæг дæр æмæ та мæнæ ныр дæр мысы йæ уарзон æмбæлт- ты — ацæргæ адæм, цæхæрцæст фæскомцæ- дисонтæ, æвзыгъд лæппутæ æмæ чызджытæ. Фæлæ сæ ныртæккæ иууылдæр йæ алы- варс æмбырдæй нæ уыны. Уый йын иуæй зын у, иннæмæй та æхсызгои. Зын ын у, ацы бонты æмхуызонæй быдырмæ кæй нæ рацы- дысты, уый тыххæй, æхсызгон та — иу адæй- маг дæр сæ æгуыстæй кæй нæ бады, уый тыххæй. Хъуыддаг афтæ рауади, æмæ сæ зымæджы мæйты Харитон арвыста фермæ- 82
тæм. Фæкæсут, дам, фосмæ. Нæ быдыры нæм цы æгьдау вæййы, ахæм æгъдау, дам, æрæвæрут фермæты дæр. Æмæ æвзæр нæ сарæхстысты. Йæ бон сæ у фæстæмæ рахо- нын. Уый тыххæй йъш æрвылбон сæхæдæг дæр фæзæгъынц. Фæлæ æхсæрдæс адæйма- джы фермæтæй уыцы иу конд ракæн! Цы рауайдзæн уымæй? Æхсыры æрдыгъд нæ фæкъаддæр уыдзæн? Хуытæ æнæзылдæй нæ баззайдзысты? Æмæ уый колхозæн стыр зиан не 'рхæсдзæн? Ахъуыдыйаг сты уыцы хъуыддæгтæ. Æмæ сыл хъуыды кæны ном- дзыд звеновод. Йæ зæрдæ сæм æппынæдзух- дæр æхсайы. Кæсы сæм паддзахадоп цæс- тæй. — Уадз, æмæ уал акусой; — зæгъы уый.— Нæ зæххытæ сыгъдæг, нæ мыггаг — цæттæ, нæ донуадзæн къанæуттæ — рæвдз. Адыууæ боны афæлдахдзыстæм нæ зæххытæ æмæ та сæ уæд ардæм хъæуы. Стæй зымæг-зымæ- джы дæргъы звенойæн комкоммæ ницы æх- хуыс фесты, зæгъгæ, афтæ зæгъæн дæр нæй. Фесты: æмбырд кодтой хъацæнтæ. Уый чы- сыл æххуыс нæу. Нæ, Харитоны нæ фæнды иунæгæй раз- мæ цæуын. Иу звенойы астæуыстæг нæ ба- уромдзæн стыр колхозы уæз. Тыллæг æмæ фос сбирæ кæнынмæ хъуамæ æмхуызонæй сыстой колхозонтæ. Уæд бауыдзæн нæ бон Центрон Комитеты январы Пленумы уы- наффæтæ сæххæст кæнын. Уыдæттæ хорз æмбары Харитон. Хæрзæрæджы партийы 83
райкомы ныхас рауад уалдзыгон куыстыты фæдыл. — Фаджыс аласынæн мын машинæтæй куы фæкæсиккат, — загъта Харитон райко- мы бæрнон кусджктæн. — Æмæ колхозы нæй машинæтæ? — Ис, фæлæ æз иунæг нæ дæн. Колхозы дыууадæс звенойы ис. Уыдон дæр мæн хуызæн адæм сты. Æмæ колхозы машинæтæ æрмæст мæ зæхмæ куы ласой фаджыс, уæд иннæтæ та цы фæуыдзысты? Фæлтау мын æндæр искæцæй самал кæнут машинæтæ, — уыдис Харитоны дзуапп. * * Быдыр, æнæкæрон тыгъд быдыр, нæ дарæг зæхх. Уæртæ йыл фидар санчъехтæгæнгæ фæцæуы кæддæры «рæстæгмæ цæрæг» Æл- бегаты Андрейы фырт Харитон — нæ бæ- стæйы Сæйраг Советы депутат, фæцæуы æмæ дардыл хæссы йæ цæстæнгас. Æз кæ- сын йæ фæдыл æмæ дис кæнын йæ къæхты цæрдæг истыл. Уырны мæ, уый ныртæккæ æрмæст йæхи звенойы хъуыддæгтыл нæ хъуыды кæны. Афтæ мæм кæсы, цыма ацы минут йæ цæстытыл уайынц нæ рæзгæ сы- вæллæттæ дæр — сæ хъæуы скъоладзаутæ, Хъæдгæроны æмæ Олгинскæйы пионертæ, цыма та йæм къамæй сæ чысыл къухтæ ива- зынц чехословакаг сабитæ: 84
«Дядя Харитон, мы просим... очень просим...» Æвæццæгæн базмæлыдысты йæ былтæ æмæ йæхинымæры дзуры: «Ау, æмæ уыдо- ны зæрдæхудты цæуын... Уадз, æмæ ирон нартхор зайа Чехословакииы зæххыл дæр». Уадз æмæ зайа! Уадз æмæ уадза хæлар- дзинады æвзартæ! 1962 аз.
н*хи шлтт Вæрдыгон æнтæф бон мах Тæбæхсæуты Балоимæ фæлладуадзæн парчы бадты- стæм хуымæтæджы фæйнæгæй конд бандоныл. Нæ сæрмæ йæ домбай къа- бæзтæ фæйнæрдæм айтыгъта фæтæн сыф- тæрджын стыр бæлас æмæ нæ хъахъхъæдта хуры судзаг тынтæй. Нæ бакомкоммæ та фæлмæн уадымсмæ сыбар-сыбур кодтой, нырма бирæ кæуыл нæ цæуы, ахæм талатæ. Уыдон сæ лыстæг уидæгтæ арфæй-арфдæр уадзынц зæххы. Цъирынц царды сой æмæ рæзынц... Рæзынц æхсæв дæр æмæ бон дæр... — Цы дзæбæх, цы рæсугъд сты. Адæймаг сæм кæсынæй не 'фсæды, — сабыр, фæлæ бæзджын хъæлæсы уагæй загъта Бало æмæ иу цасдæр рæстæг ницуал сдзырдта. Æз комкоммæ бакастæн номдзыд артисты цæсгоммæ. Уый йæ цæстæнгас нал æмæ нал иста рæсугъд талатæй. Чи зоны, уыцы минут йæ сæры схæлбурц кодтой цавæрдæр æвидигæ хъуыдытæ, сæ уæлныхты йæ бæр- зонд систой æмæ йæ аскъæфтой дард кæ- дæмдæр... Фæлæ уæддæр кæдæм? 86
Нæ зонын — кæдæм. Гъе, æрмæст чысыл раздæр мах ныхас кодтам, дыууиссæдз азы размæ нæ зæххыл цытæ цыдис, уыдæттыл. Уæд дæс азы дæр нæма цыдис Балойыл. Дзæбæх нал хъуыды кæны йæ фыды. Лæп- пуйыл цыппар азы куы сæххæст, уæд хи- стæртæй фехъуыста, йæ фыд Германы хæсты кæй фæмард, уый. Р1æ ныййарæг мад йæ сæр ныттыхта йе 'ртæ æнахъом сидзæр хъæ- булæн. Æмæ кæд миййаг, мæнæ ацы тала бæлæ- сты хуызæн уыдысты уæд уыцы сидзæртæ? Кæд уыдоны уидæгты хуызæн ныссагътой сау зæххы сæ чысыл къухтæ æмæ дзы истой царды хос? О, афтæ уыдис. Æфхæрд си- дэæртæ згъордтой райгуырæн зæххыл сæ гом къæхтæй. Быдираг дымгæтæм дардтой сæ бæгънæг риутæ. Æмæ рæзыдысты. Гъе, æрмæст уартæ уыцы тала бæлæсты хуызæн нæ... Уыдои рæсугъд сты, тынг рæсугъд. Чындз- дзон чызджытау сæхи сфæлыстой сæ цъæх ударæсы. Райсомы æртæх, цыкурайы фæрд- гуытау, ферттивы сæ чысыл æмæ сыгъдæг сыфтæртæй. Сæ сæрмæ арвы цъæхы цъыл- лнпджытæ кæнынц зæрватыччытæ æмæ сæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг уæлдæф... Тала- тæ рæзынц. Уæртæ сын кæйдæр фæрнæй- дзаг къухтæ схæмпус кодтой1 сæ алыфæрстæ. Алвыдтой сын сæ хæмпæл дзыккутæ æмæ ныр уыцы цардбæллонæй æмæ сæрыстырæй фæлпæсынц. Худы сæм хур, рæвдауы сæ. Нал бахуыскъ уыдзысты сæ уидæгтæ. Зæх- 87
хæй сæ нал сыскъуындзæн уад, ницы сын бауыдзæн зымæджы их хъамайы бон! Ай- рæздзысты æмæ, мæнæ ныртæккæ мах цы стыр бæласы бын бадæм, уый хуызæн бæр- зор1Д æмæ домбай суыдзысты... Нæ, уыдоны хуызæн нæ уыд Балойы цард... Бало бæгьнæг, æххормаг æмæ ма- дзура лæппу уыдис. йæ сабийы бонты йæм касти хур, фæлæ йæ нæ тавта. Къахта сау зæхх, фæлæ йын йæ диссаджы бæрæчеттæй никуы бафсæста $æ гуыбын. Тырныдта раз- мæ, фæлæ-иу фæбырыдысты йæ къæхтæ. Æрхаудта-иу æмæ та-иу фæстæмæ сыста- дис. Æрцагъта-иу йæ рыгтæ, аивæзта-иу йе уæнгтæ æмæ та-иу атындзыдта размæ, къæ- бæлдзыг талатæ хурмæ куыд тындзынц, аф- тæ. Атындзыдта, æмæ ссис, мæнæ ныртæк- кæ цы стыр бæласы бын бадæм, уый хуызæн. О, ацы домбай бæласы хуызæн мæм кæсы Бало абои. Фæлæ йæ чи æмæ кæд ныссагъта? Чи йæм зылди, чи йæ рæвдыд- та? * Æрдæг скъуыддзæгтæй дзуры Бало йæ царды хабæрттæ. Æмæ та ногæй мæ цæсты- тыл ахъазынц талатæ. Ногæй та мæм мæ хъуыдытæ дзурынц: «Нæ, Бало уыдонау айв дарæсы никуы сфæлыста йæхи, фæлæ уæд- дæр райгуырæн зæххы ауагъта арф уидæг- 88
тæ æмæ ссис, тымыгътæн фенкъуысын чи нæ комы, ахæм бæлас — дæс æмæ дыууиссæдз- аздзыд фидар бæлас!». Хъусын æз Балойы фæлмæн æмæ бæз- джын хъæлæсмæ. Зæрдæмæ куыд хъары, адæймаджы иу ранæй-иннæ ранмæ куыд раскъæф-баскъæф кæны уыцы æмбисонды хъæлæс! Мæ цæстыты рæзты, фынккалгæ хæххон доны уылæнтау, кæрæдзи ивгæ цæ- уынц алыхуызон нывтæ. Мæнæ Æрыдон. Фæззыгон фæлмæн изæр. Скъолайы кæрт. Дыууадæсаздзыд лæппу слæууыд дурыл. Ныхæсæгау бакодта ру- дзыйгыл. Кæсы мидæмæ æмæ хъусы лæмбы- нæг. Мидæгæй та цæуы цавæрдæр стыр тох. Ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты дыууæ стыр хохы. Гыбар-гыбур дзы кæнынц фыдæлты тызмæг æгъдæуттæ, æхсидæвтау дзы су- дзынц сæрибармæ тырнындзинады бæллиц- тæ. Хъуысы дзы фæндыры æнкъард цагъд æмæ топпы гæрæхтæ... Цы у уый, цы 'рцыди?.. Спектакль дзы цæуы... «Дыууæ хойы». Æрыгон, бæгънæг æмæ бæгъæввад лæппу не 'мбары спектаклы социалон мидис. Фæлæ ризынц йе 'уæнгтæ- Кæмдæр йæ риуы ферттывта цавæрдæр зын- джы къæртт. Зынг тынгдæр сæрттывта æмæ ссыгъдис. Уый фæстæ нал бакуымдта ахуыс- сын кæнын. Сцæхæр... Фæстæдæр уыцы судзгæ цæхæр Балойы бахаста хъæуы драмкъордмæ. Лæппу йæхи- цæн бынат нал ардта. Æрмæст театр... Кæ- 89
нæ театр, кæнæ æппындæр ницы, — афтæ скарста йе 'рыгон зæрдæйæ мадзура лæппу... Ноджыдæр ма иу ныв. Иу сæрдыгон æп- тæф изæр сæнкъуыстысты Балойы бинонтæ æм<æ сыхбæстæ. Цыдæр дæлдзæх æрбаци сæ сабыр лæппу. Æрзылдысты æнæхъæы хъæу- бæсты. Фесгæрстой алы къуымтæ. Цы фæ- цадаид? Фыдуагмитæгæнаг æмæ сын æва- стæй искæдæмты ауайаг куынæ у... Уыцы рæстæджы Б ало цалдæр лæппуйы разæй фистæгæй фæцæйцыд Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ. Уым, дам, уырыссаг театры цæуы диссаджы хорз спектакль, зæгъ- гæ, сæ хъустыл афтæ æрцыд. Хъуамæ йæ феной, хъуамæ йæм бакæсой. О, æцæг хорз спектакль уыдис уый — «Разлом». Ам Ба- ло фыццаг хатт федта профессионалои ак- терты хъазт. йæ зæрдæйы уидæгтæ йын са- гайдта Годун, хуымæтæджы, фæлæ рево- люциоп цауты цæхæрæй судзаг хъæбатыр Годун! Цы диссаджы изæр уыдис уый! Хъæуккаг лæппуйы уæпгтæ куыд бадыз-дыз кæнын кодта уыцы Годун! Ау, æмæ Бало ахаем артист никуы суыдзæн æмæ ахæм рольты никуы хъаздзæн? Хъуамæ суа, хъуамæ хъаза! Гъе, стæй... Гъе, стæц хæхтæ, арф кæмт- тæ: Садоны шахтæтæ æмæ æрзæтссæн фабрик, Джызæлдопы электростанцæйы арæз- тад æмæ æндæр ахæмтæ... Мæ цæстытыл та уайы саукусæг лæппу. О, фæлæ афтæ куы скарста: «Æрмæст дæр театр», зæгъгæ, уæд 90
цæуылнæ ацыд уыцы фæндагыл?.. Фæлæ Балойы хъæлæсы уаджы æз ахсын иу хъуы- ды: «Театрмæ дæр æрмæст ног арæзтадтыл, фæллойы гуылфæнты уыдис фæндаг æмæ йыл æз дæр цыдтæн»... Ай-ай, цыдис ыл. 1930 аз. Поезды вагæт- ты цæлхытæ æмдзæгъд кæнынц рельсытыл... Цавæрдæр фæсарæйнаг нау, æнхъæлдæн «Менхау», лæгæрды деиджызы тызмæг уы- лæнтæ, цæуы Владивосточырдæм. Ласы 1200 æрыгон чызджы æмæ лæппуйы. Уыдон фæскомцæдисы путевкæтæм гæсгæ цæуынц Сахалины сакъадахмæ социалистон арæз- тадты кусынмæ. Уыдоны æхсæн ис Бало дæр йæ кæнгæ æфсымæр Реуазты Таймуразимæ. Даргъ у фæндаг... Хъуысы мæм Балойы хъæлæс: — Цы чындæуа? — Нæ зонын, — дзуапп дæтты Таймураз. — Мæнмæ иу фæнд ис. — Цы? — Ирон лæппутæ æмæ чызджытæй сара- зæм драмкъорд. Пьесæтæ мæнмæ ис... — Иттæг хорз! Дыууæ мæйы фæцыдысты фæндагыл æмæ бацæттæ кодтой дыууæ спектаклы. Абоны хуызæн ма сæ йæ зæрдыл дары Бало. «Таймураз» æмæ «Гæркъа»... О, о — «Таймураз» æмæ «Гæркъа». Уый фæстæ дзы иу Влади- восточы равдыстой, иннæ та Сахалины... Дзуры Бало йæ царды хабæрттæ. Дзуры, æмæ æз дæр зилын йемæ. Мæ хъуыдытæ 91
мæ, уадау скъæфынц йæ фарсмæ. Мæнæ йæ æз уынын Краснодары фæндæгты-арæзтадон техникумы. Уæртæ йын чидæр йæ хъусы цы- дæр æхсь!згон хабар дзуры æмæ ферттыв- той йæ цæстытæ. Цæмæдæр гæсгæ фелвæста йæ худ. Ныхъхъæбыс кодта хабардзурæджы æмæ йæ ныттылдта. — Æцæг зæгъыс? — Æцæг. — Уæдæ нæхимæ, Ирыстонмæ!.. Мæскуы- мæ! Цалдæр боны фæстæ Бало лæууыдис фи- дæны ирон профессионалок театры раза- монджыты цур æмæ сæ куырдта: «Мæн дæр Мæскуымæ фæнды... Театралон училищемæ... Тынг мæ фæнды... Арвитут мæ». — Байрæджы кодтай, — загътой йын уым... — Уыцы хъуыддаг афæдз æмæ æрдæ- джы размæ уыдис. Æрæгмæ фехъуыста хабар Бало æмæ байрæджы кодта Мæскуымæ. Афтæ йæм кастит цыма йын хъысмæт æнæхатырæй æрцагъта йæ къабæзтæ, алыг ын кодта йæ фæндæгтæ, сбаста йын йæ рухс бæллицты базыртæ. Фæ- лæ нæ, Балойæн театрмæ нæ байрæджы!.. Дзуры Бало йæ царды хабæрттæ. Дзуры, æмæ йæ æз уынын ахуыргæнджыты институты студентæй, «Темафы» мадзура арти- стæй, «Кулаккаты Цъулберы» ролы хъаз- 92
гæйæ, клубты драмкъордтæн разамынд дæт- гæйæ, уырыссаг драмой театры сценæйы ку- сæгæй, стæй та... ирон театры сценæйы фыц- цаг къахдзæфтæ кæнгæйæ. Уæддæр ма ничи æууæндыд, адæймагмæ комкоммæ бакæсгæйæ дæр æфсæрмы чи кодта, уыцы лæппуйы æмбæхст тыхтыл æмæ курдиатдзинадыл. Иæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыдис, Балойы уалдзæг кæй ра- лæудзæн æмæ йæ диссаджы дидинджытæ налхъуыт-налмасау кæй сæрттивдзысты, уый. Суанг ма йын афтæ зæгъджытæ дæр уыди: — Лæппу, ницы дæ рауайдзæн, фæлтау искæдæм ахуыр кæнынмæ фæцу... — Ницы мæ хъæуы... Нæ мæ хъæуы мызд дæр, уæддæр мæ театры ныууадзут... Æмæ йæ ныууагьтой. Лæвæрдтой йын алыхуызон чысыл рольтæ. Уый æппæты фыццаг ахъазыдис А. Циновскийы пьесæ «Хъысмæты» цавæрдæр эпизоды. Куыд зын уыдис базырджын ст^р цæргæсæн нарæг комы тæхын! Куыд нæ йын уыдис йæ базыртæ парахатæй айтындзыны фадат! Фæлæ Балойы уалдзæг цыд. Ныннæрыд арв. Кæмдæр фескъуыдысты цъенга ихы фæзгъæртæ æмæ сæ, гыбар-гыбургæнгæ, сæ хъæлæсы рахастой ивылд дæттæ. Театр æрæвæрдта «Адвокат Патлен». Актертæй чидæр фæрынчын. Режиссер фæ- дзырдта Баломæ. Мадзура лæппу фæзынд сценæйы Бартолены ролы. Æмæ адæммæ, 93
уыдонимæ актертæм дæр афтæ касти, цыма уый Бало нæ хъазы сценæйы, цыма удæгас Бартолен йæхæдæг йæ хъæдын къæхтæ ласы йæ фæдыл æмæ йæ фындзы бын цыдæртæ хъуым-хъуым кæны. Обрæз афтæ тыхджын рауад, æмæ уый фæстæ Балойы хонын рай- дыдтой «Бартолен». Бартолен, францусаг Бартолен байгом кодта театры разамонджыты цæстытæ æмæ уый фæстæ «Дыууæ хойы» ноджы тыхджын- дæрæй ныннæрыд Балойы хъæлæс: — Гъы, йæ зондæн кæрон кæмæн нæй æмæ хæдзары уынаффæтæ йæхимæ чи рай- ста, уыцы Ханысиат, уый циу сынтæ- джы?! Бартолены юморы бæсты ныр Тæтæрхъа- ны—Балойы риуы гуылф-гуылф кодтой тыз- мæг æмæ хъæддаг, хин æмæ æнæхатыр, зыд æмæ кæрæф адæймаджы миниуджытæ. Бало ныххызт йæ геройы æхгæд риумæ, басгæр- ста йын йæ зæрдæйы лыстæг уидæгтæ. Æр- цахста йын йæ хъæлæсы уадындзты нæрд æмæ йæ ныззæланг кæнын кодта сценæйы. Раиртæста йын йæ сау хъуыдытæ... Геройы фæлгонц ныррухс кодта сфæлдыстадон ар- ты æмбисонды цæхæрæй... Уæдæй фæстæмæ Балойы ном ссис театр- мæ кæсджыты тæккæ уарзондæр æмæ хæстæгдæр нæмттæй иу. Фæлæ уæддæр уы- дон уыдысты æрыгон актеры фыццаг куы- стытæ, фыццаг къахдзæфтæ. йæ риуы цы цæхæр сыгъдис, йæ зæрдæйы, денджызы уы- 9*
лæитау цы курдиатдзинад фæйлыдта, уы- дон домдтой сценикон уæрæхдæр быдыртæ. Фæлæ ма уыцы уæрæх быдыртæм бахизы- ны размæ Балойы бахъуыдис ноджыдæр иу къахдзæф акæнын — Джимиты Георгийы комеди «Чындзæхсæвы» зæронд колхозон Гудийы ролы ахъазын... * * Быдыр, сценикон уæрæх быдыр... Гуыр- дзыстон... Турчы арæнмæ хæстæг. Мæйдар æхсæв. Зæрдæхæлар, царды рæсугъддзинæд- тæм кæсынæй чи нæ æфсæды æмæ йæ бн- ионты, æппæт адæмы цинæй йæ зæрдæ кæ- мæн рухс кæны, уыцы зæронд Ягор (Г. Мдиванийы пьесæ «Намысы») ныхæй- ныхмæ æрлæууыд йæ фырт Арчилимæ. Ар- чил гадзырахатæй рацыд йæ райгуырæн бæстæйыл. Ауæй кодта йæ цæсгом, фæлыгъ- ди фæсарæнтæм æмæ ссис шпион. Æмæ мæ- нæ ныр сусæгæй æрбахызт советон арæныл. Æрбахызт знаггад кæнынмæ, советон адæмы сусæгæй марынмæ, фабриктæ æмæ за- водтæ халынмæ. Зæронд Ягоры риуы пих- лæйттæ хæссы мает æмæ æхеидгæ æнæуы- нондзинад йæ кæддæры уарзои хъæбул- мæ... Нæ, уый ныр Ягоры фырт нал у. Мæ- нæ фæлидзы хуыснæгау. Фæлидзы! Фæлæ нæ аирвæздзæн. Хъуамæ йæ сау туг ныккæ- ла арæньтл. Ягор ныхъхъавыд. Мæйдары ай- зæлыд топпы гæрах æмæ Арчил æрхаудта... 95
Ягор уыдис Балойы фыццаг трагикон роль. Ахъазыдис æй 1938 азы.Фæлæ уæд спектакль чи федта, уыдонæй ныр дæр ма нæ рох кæны уыцы обрæз. Фондз æмæ ссæдз азы дæргъы ирон театры сценæйы Б ало ахъазыдис фондзыссæдз ролæй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр сты советон адæймæгты арф æмæ ирд обрæзтæ. Уыдонимæ мах уынæм Забелины («Кремлы Куранттæ»), Макары («Макар Дубрава»), Дзамболаты («Сау мигъ»), Швандийы («Любовь Яровая») æмæ бирæ æндæрты. Бало йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ уарзондæр æмæ тыхджындæр обрæзтæ сты Отелло, Король Лир, Чермен, Абако æмæ æндæртæ. О, Отелло æмæ Лиры Бало ирон адæмы цæстыты раз ирдæй æрæвæрдта Шекспиры æнæмæлгæ уацмысты, цытджын драматур- джы философи, уымæн йæ геройты психологи, уæды æхсæнады социалон цæсгом æмæ бирæ æндæр миниуджытæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ канд ирон адаэм нæ, фæлæ нæ бæстæйы, стæй фæсарæйнаг, бæстæты бирæ адæмтæ дæр хорз зонынц, классикой драматургийы обрæзтæ аразгæйæ, Бало ца- вæр сфæлдыстадон бæрзæндтæм схызти, уы- доны æмæ сыл, мæнмæ гæсгæ, уыйбæрц дзу- рын нæ хъæуы. Зындгонд у, цытджын актер киноаивады цы стыр курдиатдзинад равды- ста, уый дæр. Ленинградæй æмæ Мæскуыйæ, Хуссарæй 96
æмæ Цæгатæй, Ныгуылæнæй æмæ Скæсæ- нæй, Англисæй æмæ Балкантæй — нæ зæххы алы кæрæттæй, урс бæлæттау, тæхынц тел- тæ æмæ писмотæ нæхи Баломæ. Уый зонынц Мæскуыйы, Ленинграды, Владивосточы æмæ æндæр горæтты заводты æмæ фабрикты кус- джытæ, Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъхъæлы пионертæ, колхозон быдырты æмæ фермæты кусджытæ. Арæх вæййы уыдоны æхсæн Ба- ло. Арæх фæныхас кæны семæ, нæ бæстæйы егъау хъуыддæгтыл, йе 'мбæлтты æмæ йæ- хи царды фæндагыл. Йæхи царды фæндаг та, куыд уынæм, аф- тæмæй вазыгджын æмæ фæрнджын у. йе 'сфæлдыстадон куыст уый кæддæриддæр арæхстджынæй баста æмæ бæтты æхсæна- дон стыр архайдимæ. Уый у ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат, сабырдзинад хъахъхъæныны Республикой Комитеты сæр- дар. * * * Бадæм мах ССР Цæдисы адæмон арти- стимæ фæлладуадзæн парчы. Æз хатын, уы- мæн йæ домбай риуы ног бæллицтæ, ног фæндтæ кæй æхсидынц, уый. — О, фæлæ дæм цы пълантæ ис хæстæг- дæр рæстæгæн? — фæрсæм æй. Уый фæхъус. Йæ цæхæр цæстытæй ком- коммæ æрбакастис мæнмæ. Исдугмæ фæтар кодта йе 'рфгуытæ, стæй йæ цæсгомыл ахъа- 7 Цæудзыстæм та дардмæ 97
зыдис æхсызгон мидбылты худт æмæ загъта: — Стыр пълантæ... Мæи фæнды нæ рæс- тæджы коммунистон æхсæнад аразæг хъæ- батырты обрæзтæ саразын. Фæнды мæ сце- нæмæ аоветон романтикæйы дарæсы рацæ- уын. Фæнды мæ нæ ирон драматургтæй ахæм хойраг райсын... Дæ хорзæхæй, ды дæр ма сын зæгъ, — хъазгæмхасæн ма йæ ныхасыл бафтыдта Бало æмæ та кæсынтыл фæцис къæбæлдзыг талатæм... Хуссарырдыгæй æрбадымдта хъарм уа- дымс æмæ йæм сæ дари сыфтæ батылдтой дидинджытæ, скафыдысты йæм рæсугъд та- латы лыстæг къалиутæ, базмæлыдысты дзы стыр бæласы фæтæн сыфтæртæ... Домбай, бæрзонд æмæ тыхджын у ацы стыр бæлас. Æмæ мæм ныртæккæ Бало дæр уый хуызæн дсæсы. О, уый1 хуызæн мæм кæсы, фæлæ .æцæгдзинадæй та Бало уымæй домбайдæр, бæрзонддæр æмæ егъаудæр у. Арфдæр æмæ æнусондæр сты йæ уидæгтæ.
ЖÆЖЖФН Ч113Г I алдзыгон райсом мах Ленинградæй балцы цыдыстæм Петергофырдæм. Нæ чысыл катер ленк кодта Финты донæр- бакæлæны. Дард кæцæйдæр сыстад урс-урсид бæзджын мигь æмæ лæсыди хус- сарырдæм. Дымдта фæлмæн уадымс. Ден- джызы уылæнтæ фæйлыдтой. Æз сæ мæ цæстытæ нал æмæ нал истой. Мæ риуы мын гуырын кодтой æхсызгон æнкъарæнтæ. Æрфæндыд мæ исты ныффыс- сын. Мæ дзыппæй систон гæххæтт æмæ кърандас. Фæлæ цы фыссон? Денджыз, хъаз æмæ фæйлау, Мигътæй дын цы тас у! — Млгъты н' айсæфдзæн мæ нау. — Ракæс ма, цæййас у!.. «Нæ, нæ бæззы», — скарстон мæхинымæ- ры. Цæмæдæр гæсгæ мæ разы слæууыдысты Разливы нывтæ. Абоны Разливы нывтæ нæ, фæлæ 1917 азы Разливы нывтæ. Ленины му- сонг... Уæд та уыдоныл ныффыссин? а 99
Æхсæв æрхызти йæ бæхæй Разливы Æмæ йæ сау ехсæй систа цъыччытæ... Дымгæ ныффутт ласы Финты заливы, Сыздухы, фескъуыны доны фынчытæ... Ацы рæнхъытæ фысгæйæ æз бафиппайд- тон, мæ бакомкоммæ чи бадти, уыцы бæзæр- хыг саулагъз лæг мæм аивæй йæ цæст кæй дардта, уый (æмæ мæ хъуыдытæ фескъуы- дысты. Лæгыл уыдис æфсæддон дарæс булкъоны пъагæттимæ. Иуахæмы фемдзаст стæм, ницы сдзырдтам кæрæдзимæ. Æз та кæсынтыл фæдæн уылæнтæм æмæ, цæмæдæр гæсгæ, мæ дзыхæй схаудтой мæнæ ацы ны- хæстæ: «Куыд домбай æмæ рæсугъд сты...» Булкъон мæм бахудти æмæ мæ бынтон æнæнхъæлæджы бафарста: — Æфсымæр, бахатыр кæн, фæлæ ирон нæ дæ? Æз джихæй аззадтæн, стæй, æнæзонгæ .адæймагмæ комкоммæ кæсгæйæ, мæ сæр ба- тылдтон: — О, ирон... Фæлæ ды та... ды дæр ирон дæ? — Нæ дæн... Фæлæ иронау чысыл цыдæр- тæ зонын... Каэддæр мын иу ирон æрдхорд уыдис, æмæ мæ уый сахуыр кодта... Мæхæ- дæг кæсгон дæн... Ныхас нын ацайдагъ æмæ мын мæ ног зонгæ радзырдта йæ кæддæры ирон æрд- хорды тыххæй... — Ам, Ленинграды сæмбæлдыстæм фондз 100
æмæ ссæдз азы размæ, — загьта ме 'мбæлц- цон, æмæ цæуылдæр ахъуыды кодта. Иуцас- дæр фæкастис урс мигътæм, стæй арф ныу- улæфыд æмæ дзырдта дарддæр: — Фондз æмæ ссæдз азы размæ... Дис- саджы зæрдæргъæвд æмæ хъæбатыр ра- зынд... Хæстон дохтыр уыдис. Æвæццæгæн, бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Цалдæр цæфы фæцис Финляндийы хæсты, мæнæ ам хæс- тæг... Репин кæм ныгæд ис, раст уыцы ран... Уый фæстæ йæ цалдæр азы нал федтои... Алы рæттæм фæцыдыстæм æмæ кæрæдзийы хабæрттæн ницуал зыдтам. Фæлæ та нæ уæддæр хъысмæт сæмбæлын кодта... Хæсты тымыгътæ нæ Ленинградмæ æрбахастой. — Кæмæй уыдис дæ ирон æрдхорд, кæм цард æмæ цы хуындис? — бафарстон æз. — Джиотæй уыдис, йæ ном Алыксандр. Хуссар Ирыстойнаг, йæ бинойнаг та Цæгат Ирыстонæй — Хъахъхъæдуйраг. Æз хæстæгдæр бабадтæн булкъонмæ æмæ дзы ракуырдтон, Алыксандры тыххæй цы- дæриддæр зоны, уыдон мын кæрæй-кæронмæ цæмæй радзырдтаид, уый. Æмæ й'ын йæ ны- хæстæй куыд бамбæрстон, афтæмæй Алыксандр уыдис дивизийы санитарон службæйы хицау, хъæбатырæй фæмардис Ленинграды фронты. — Йæ бинойнаджы чызгон мыггаг ын нæ хъуыды кæндзынæ? — Цымыдисæй йæ бафарстон æз. — Саламаты чызг... К<ВД дæ, миййаг, йæ 101
базонын фæнды, уæд ма-иу райсом, кæнæ иннæбон С. М. Кировы номыл хæстон-меди- цинон Академимæ бауай... Кæддæр уым ахуыр кодта æмæ дзы ныр йæ бюст дæр æвæрд ис. Катер æрлæууыд наулæууæны. Кæсгон булкъонимæ мах кæрæдзий-æн хæрзбон загъ- там æмæ нæ алчи дæр йæ хъуыддаджы фæ- дыл ацыд. Уалдзыгон хуры хъарм тынтæм тыбар-тыбур кодтой Петергофы рæсугъд ди- динæгдæттæ, арвы тынау хъазыдысты фон- тантæ, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, нынтъыснæг мæ зæрдæ. Мæ хъуыдытæй нал хицæн кодта хъахъхъæдуйраг чызджы хъысмæт æмæ мæ фæндыдис фæстæмæ æвæстиатæй Ленин- градмæ аздæхын. Фæлæ мын уыцы бон ахæм фадат нæ фæцис. II Ленинградмæ æрбаздæхтыстæм дыккаг бои. Стыр горæты уынгтæ гуылф-гуылф кодтой адæмæй. Нева уыцы æмвæтæнæгæй кæ- дæмдæр æнкъуысгæ хаста йæ домбай уы- лæнтæ. Нæ фæндагамонджытæ нын дзырдтой горæты историйы стыр цауты тыххæй... «Мæ- нæ ам Петр 1-аг сæппæрста фыццаг бел- гом æмæ дзы æрæвæрдта Европæмæ бæл- лиццаг дуары бындур... Уæртæ уыцы хæ- дзары цардис паддзах йæхæдæг... Дæлæ уыдон та сты Малышевы галуаптæ, адæмы 102
стджытæ, туг æмæ рондзыл кæй сарæзта, уыдон...» Уый фæстæ ныхас рахызт æвддæсæм азы æмæ Фыдыбæстæйы стыр хæсты хабæрттæм* Æмæ мæм афтæ каст, цыма нæ адæмты хъысмæты уыцы дыууæ егьау цауы æхсæн æвæрд ис цавæрдæр стыр хид. Цыдысты уыцы хидыл ирæттæ дæр... Цыдысты йыл алы- хуызон хъуыдытимæ æмæ фæндтимæ. Алы- хуызон уыдис сæ хъысмæт дæр. Мæнæ дзы дыууæ адæймаджы—инæлар Хæбæлы-фырт æмæ майор Джиоты Алыксандр... Сæ иу паддзахы жандармты тъуз, паддзахы цу- майы къæбыла æмæ революцийы цыфыддæр знаг, фæллойтæнджытыл фидар хъадамантæ æвæрæг æмæ сæ ауындзæнтæм топпы фындз æмæ карды комæй тæрæг. Иннæ та... Иннæ та Ленины партийы уæнг, райгуырæн бæ- стæйы амондыл йæ цард иывондæн æрхæс- сæг... Сæ иу райдзаст галуанты бадтис дзаг фынгты уæлхъус æмæ йæм рæсугъд зарæ- гау кастис адæмы хъæрзын æмæ уынæр- гъын... Иннæ та... Иниæ та йæ фæстаг хус дзулы салд къæбæр скъуыдта йæ хъуырæй æмæ йæ лæвæрдта цæф æфсæддонтæн æмæ сыдæймæлæг ленииградæгтæн... Дыууæ ироны... Дыууæ хъысмæты... Мæ хъуыдытæ сæмхæццæ сты. Дыууæ цæмæн? Æмæ уæд нæ хæххон чызг та? Уый дæр ам куы царди. Ам куы ахуыр кодта уый дæр... Æмæ дзы æндæр ничи цард, æндæр дзы ни- чи ахуыр кодта? Знон мын кæсгон булкъон 103
афтæ куы загъта: «Ленинграды цæры æртæ- фондзыссæдз ирон хæдзары...» Фæлæ кæм ис, цымæ ныртæккæ уыцы булкъон? Цæуыл- нæ йын райстон йæ адрис?.. Ныр мæ йемæ хæстон-медицинон Академимæ нæ акæнид?.. Нæ мын бацамонид ирон хæххон чызджы бюст?.. Фæлæ цалынмæ ахæм хъуыдыты зилдух кодтон, уæдмæ ме 'мбæлттæ аивгъуыдтой æмæ сæ нал ссардтон. Бахъуыдис мæ уын- джы цæрджыты фæрсын. Ленинградæгтæ та рагæй-æрæгмæ дæр уазæгуарзаг сты æмæ куы бахъæуа, уæд суанг сæ куыст дæр ныу- уадздзысты æмæ кæдæмдæриддæр араст уы- дзысты демæ. Афтæ рауад мæ хабар дæр. Невайы проспекты тигъыл бафарстон иу ацæргæ лæ- джы: — С. М. Кировы номыл хæстон-медицинон Академимæ кæцырдæм цæуын хъæ- уы? — Æвæццæгæн ам фыццаг хатт дæ? — Фыццаг хатт. — Уæдæ цом мемæ, æз дæ фæхæццæ кæн- дзынæн... Æмæ мæнæ мах бахызтыстæм Академийы дуарыл. Бирæ номдзыд æмæ хъæбатыр адæймæгтæ рацыд ардыгæй'. Æмæ уыдонæн се 'ппæты бюсттæ дæр æвæрд сты ам. Се 'хсæн — цалдæр сылгоймаджы. «Цымæ дзы Саламаты чызг кæцы у? Цымæ цы хуызæн у?» — нымдзаст дзы вæййын алкæмæ дæр. 104
Мæнæ ис! Æнæмæнг, уый у!.. «Саламаты Софья Виссарионы чызг»—бакастæн брон- зæй конд бюсты бынмæ æмæ фырцинæй мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Ме уæнгтæ ри- зæгау скодтой, цавддурау лæууын йæ цуры æмæ йæм не 'фсæдын кæсынæй. Цардæгас адæймаджы сæрыхъуынты хуызæн уырынг- тæ-уырынгтæй зынынц йæ хъуымбыл сау дзыккутæ. Уалдзыгон хуры тынтæ хъазынц йæ тымбыл цæсгомыл. Афтæ мæм кæсы, дыма мæм ныртæккæ сдзурдзæн, цыма ныр- тæккæ æрхиздзæн зæхмæ æмæ мæ фæрсын райдайдзæн йæ райтуырæн хъæубæсты ха- бæрттæй... Фæлæ уый ницы дзуры. Ленинградаг дым- гæ йын нæ хъазы йæ дзыккутæй. Лæууы мæ сæрмæ æмæ сæрыстырæй фæлгæсы дард- мæ. Йæ уæхсчытыл—дæлбулкъоны пъагæт- тæ, йæ риуыл — цалдæр хæрзиуæджы. Æм- баргæ æмæ æфсармхуыз—йæ цæстæнгас, йæ цæсгом—сагъæсхуыз. О, фæлæ кæм ис, цы- мæ ныртæккæ? Æгас ма у, æви? Мæ сæры февзæрд цавæрдæр тæссаг хъуыды æмæ ме уæнгтæ адон сты. — Ма мæт кæн, — цыма мын мæ сагъæс бамбæрста æмæ мын ныфс авæринаг уыд, уыйау мын зæрдиагæй загьта Академийы къæнцылары кусджытæй иу æмæ мæ ра- фæндараст кодта уынгмæ. — Куы дæ бафæнда, уæд æй ссардзынæ! Æнæмæнг æй ссардзынæ! Нырма уым кусы. Фæстаг хатт нæм цы писмо æрæрвыста, 105
ууыл мæй йедтæмæ нæма цæуы, — мæ фæ- дыл ма дзырдта къæнцылары кусæг... III Уыдис сæрдыгон æнтæф бонтæй' иу. Æз лæууыдтæн даргъ къæлидоры иу кæрон æмæ ныхас кодтон ме 'мбалимæ. Æгæр раджы ма уыдис æмæ афтæ æнхъæлдтон, мæн чи хъæуы, уыцы адæймаг нырма йæ куыстмæ нæма æрбацæудзæн, зæгьгæ. Фæлæ мæнæ æрбайгом дуар æмæ нæ рæзты урс халаты тагъд-тагъд æрбаивгъуыдта бæрзонд сыл- гоймаг. Гæзæмæ фæхалас сты йæ дзыккутæ, фæлæ йæ айв уæнгты конд æмæ сагъæсхуыз цæсгоммаё гæсгæ зын базонæн нæ уыдис, медициной службæйы булкъон Саламаты Софья кæй у, уый'. О, фæлæ йын Ленингра- ды цы бюст федтон, уым ыл дæлбулкъоны пъагæттæ уыд, ам та... «Уый у!» — фидарæй скарстон æз... Зилы рынчынтыл номдзыд дохтыр-бул- къон Саламаты Софья. Мæнæ æрлæууыд иу палатæйы цур. Иуцъусдуг банхъæлмæ каст, стæй æваст фегом кодта дуар æмæ мидæмæ бахызт. Комкоммæ бацыд уæззау рынчыны цурмæ. Æрбадти йæ фарсмæ æмæ йæ фæр- сын райдыдта. Æнкъард уыдис дæлбулкъон Михаил Тимофеевич, йæ цæстытæ цыдæр тæригъæд- даг каст кодтой Софьямæ, цыма дзы афтæ куырдтой: «Дæ хорзæхæй, фервæзын мæ 106
кæн!..» Ныр дыууæ мæйы хуыссы ацы ран. •Фæлæ ницы æнцойдæр кæны. Рæстæгæй- рæстæгмæ æвиппайды йæхи алхынцъытæ кæны, цикъæйау афæлурс вæййы йæ цæсгом, стæй та йæ сурхид фемæхсы æмæ рафт- бафт сисы йæ хуыссæнуаты. — Нæ, Софья Виссарионовнæ... Æвæц- цæгæн æмæ нал слæудзынæн мæ къæхтыл,— зæгъы æнкъард хъæлæсы уагæй рынчын. — Цытæ дзурыс уый? Ау, дæхæдæг æй не 'мбарыс, бирæ кæй фæсæрæндæр дæ, уый? Уæртæ ма айдæнмæ бакæс — абон дæ хуыз дæр бæлвырд хуыздæр у. Тæрсгæ ма кæн, тагъд сыстдзынæ... Афтæ дзырдта Софья уæззау рынчынæн, фæлæ йæхицæн та æнæсцухæй рысти йæ зæрдæ æмæ йæхинымæры хъуыды кодта: «Зын у, тынг зын у ахæм рынчыны мæлæты дзæмбытæй ратонын». Фæлæ уæддæр уый бады Михаил Тимо- феевичы уæлхъус æмæ йын дзуры: «Ау, дæхæдæг æй не 'мбарыс, бирæ кæй фæсæрæндæр дæ, уый?» Фæлæ сдыз-дыз кодтой рынчыны уæнгтæ. Атартæ сты йæ цæстытæ. Æр- батымбылтæ сты йæ буары æппæт норттæ. Афæлурс йæ цæсгом, былты иу туджы æртах нал аззад... Иу минут, дыууæ-.. Дохтыр тох кæны æпæхайыры низы ныхмæ. Укол уколы фæстæ... Æппынфæстаг та рынчын йе 'муд æрцыд. Фемæхсти та йæ сурхид. Ссыгъди йæ цæсгом... Æмæ мæнæ Софья æрбахæссын кодта айдæн. Бахаста йæ рынчыны цæсгом- 107
мæ. «Бакæс ма дæхимæ... Уыныс, дæ хуыз куыд дзæбæх у...» Нæ, дзæбæх нæу рынчыны хуыз. Раст нæ дзуры Софья. Æмбары йæ йæхæдæг дæр. Фæлæ уæддæр зæгъы: «Тагъд, тынг тагьд сыстдзынæ». Бæрæг нæй, ацы адæймаджы цард цы минутыл аскъуындзæн, уый. Фæлæ йæм уæддæр худгæйæ кæсы дохтыр, кæны йын хъазæн ныхæстæ. Хæссы йын цавæрдæр æмбисæндтæ, дзуры йын иннæ рыцчынты хабæрттæ. Уый та куыд? Куыд уæнды, йæ мæлæты къахыл чи ныллæууыд, уыцы адæймагæн хъазæн ныхæстæ кæнын? Куыд æм худы? Нæ фæлæ дохтыртæ иууылдæр дурзæрдæ адæймæгтæ сты... Дурзæрдæ?.. Мæнæ ацы хæххон сылгой- маг дæр? Нæ, не 'сты! Дурзæрдæ нæу Софья дæр... Уый мæлæты ныхмæ иу азмæ дыу- уæ хатты нæ бацыд хъæбысхæсты, иу æмæ дыууæ хатты нæ ратыдта адзалы дзæмбытæй советон æфсæддонты æмæ æн- дæр адæймæгты цард. Мæнæ уæззау рынчыны цур йæхи афтæ хъæлдзæг кæй дары, иудадзыг æм мидбылты кæй худы æмæ йын хъазæн ныхæстæ кæй кæны, уыдоны Софья хоны рынчыны тагъддæр сдзæбæх кæныны психологион мадзæлттæ. Æцæг дохтырæн нæй æнæ афиæ кæнгæ. Мæ- лæт калмау кæмæ фæцæйхилы, уыцы адæймагæн æгъгъæд не 'сты хостæ æмæ операции 108
гæнæн кæрдтæ. Хъæуы æндæр хостæ дæр, æмæ сæ ары Софья алы уæззау минут дæр. йæхæдæг афтæ зæгъы: — Æцæг дохтырмæ æнæбахъаргæ никуы фæуыдзæн цавæрфæнды рынчын адæйма- джы тыхст æмæ мæ фервæзын кæн, зæгъгæ, йæ курæг цæстæнгас. Фæлæ дохтыры бон нæу йæ сусæг тасдзинад рынчыны раз рар- гом кæнын... Æвæццæгæн, уыцы бон дæр уымæн афтæ дардта йæхи Софья Михаил Тимофеевичы раз. Уæд ма рынчыны схудын кæнын дæр йæ бон баци. Фæлæ изæры йæ фатермæ куы æрбацыд, уæд æрæнкъард йæхæдæг дæр. Йæ цæстыты раз лæууыд уæззау рынчыны сурæт. Йæ сæр зилæгау кодта. Медициной чингуыты æмæ алыхуызон низты ис- ториты агуырдта цыдæр, фæлæ дзы, æвæццæгæн, зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæ- мæй ницы ардта æмæ-иу уæд чингуыты иу- варс аппæрста. Æрцъынд-иу кодта йæ цæ- стытæ æмæ йæхинымæры фæлдæхта йæ цар- ды чиныджы сыфтæ æмæ уым дæр агуырдта цыдæр, фæлæ ницы ардта. Хуссайраг æхсæв йæ сау нымæты æрба- тыхта æрттивгæ æрдзы. Фæлæ стыр горæт ныгъуылди электрон рухсы денджызы. Ра- джы аивгъуыдта æмбисæхсæвæй. Фæлæ ма уæддæр йæ фатеры бадтис Софья. Нæй хуыссæн... Нæй! Цы бацис афонмæ Михаил Тимофеевич?.. Æниу æй куыд ныууагъта ахæм хуызы?.. 109
Кæд æм стъолыл æвæргæ сахаты цъыкк- цъыкк йедтæмæ никæцæй ницы хъуысти, уæддæр Софьямæ афтæ каст, цыма йæм чи- дæр сусæгæй дзуры: «Софья Виссарионов- нæ... Æмбал булкъон... Ау, æндæр дæ бон ницы у? Уæдæ ма дæ кадджын дохтыр та цæмæн хонынц?.. Дзæгъæлы дæ хонынц афтæ...» Уый Михаил Тимофеевичы хъæлæс у... Софья й'æ хорз зоны... Æм,æ уæд сулæфын та кæй нал уадзы дæргъвæтин сур хуыфæг? Уый дæр Михаил Тимофеевич у... Фæлæуу ма, фæлæуу...? Уæртæ кæйдæр цæстытæ донæй айдзаг сты... Кæугæ мæны? Нæ, кæугæ нæ кæны... Йæ низимæ куы схъуырдухæн вæййы, уæд йæ цæссыг фемæх- сы Михаил Тимофеевичæн... Нæу уыдæттæм кæсын æмæ хъусын Софья- йы бон. Адæймаг арты судза, уый та йæ хъарм хуыссæны æнæмæтæй >æрхуысса? «Нæй хуыссæн... Нæй!» — уаты къуымты айзæлыд æфсæддон дохтыры хъæлæс. Рацы- ди хæдзарæй Софья æмæ æмбисæхсæв стыр горæты уынгты фæстæмæ араст госпитæл- мæ. Афтæ алы бон æмæ алы æхсæв дæр. Цæ- мæ бæллыдис, уый йæ къухы бафтыд: Михаил Тимофеевич слæууыд йæ ^ъæхтыл æмæ та æмбæлтты æхсæнæй* ногæй хъусынц йæ хъæлдзæг ныхас, йæ бæзджын худт... Æмæ уый Саламаты Софьяйæн йæ фыццаг уæлахиздзинад нæ уыдис. ПО
IV Æз кæсын Софьямæ... Уымæн йæ кæддæ- ры сау хъуымбыл дзыккутæ фæхалас сты. Иæ куысты куыд вæййы, ахæм мидбылты худт нæ бады йæ цæсгомыл ныртæккæ. Нæ ^дзы хауы хъазæн ныхас дæр. Æвæццæгæн та бахаудта æхсидгæ, æвæрынцой хъуыдыты зилахары. Цымæ цæуыл хъуыды кæны ацы минут? Кæд, мийй'аг, йæ райгуырæн хъæу Хъахъхъæдурыл? Рагæй дзы нал уы- дис. Æз ын ныртæккæ радзурин абон Хъахъ- хъæдуры цытæ цæуы, уыдоны тыххæй. Зæ- гъин ын: Куырттаты æфцæгыл бæрзонд фæ~ цыдысты геологион-сгарæг партийы мæсгуы- тæ. Байгом дзы æрзæткъахæн шахтæтæ. Суанг Джимарайы цъитийы рæбынмæ салдæттау фæрсæй-фæрстæм слæууыдысты электрон телыхъæдтæ æмæ кæмтты, хæхты фæхстыл тæмæнтæ калынц мингай цырæгъ- тæ. Хæххон фæсивæд ныббырстой тызмæг æрдзы ныхмæ. Фæндæгтæ айгæрстой хæхты зæрдæты суанг Хъæрмæдоны онг... Стæй йæ бафæрсин: — Нæ дæ фæнды уыдæтт.æ фенын? Фæлæ йæм мæ ныфс нæ хæссын: миййаг, )кæд æндæр, цавæрдæр, æхсызгон хъуыдыты денджызы аленк кодта? Чи зоны æмæ йæ цæстыты раз æрлæууыд зæронд Хъахъхъæ- дур. Йæ фыды æрдæгхæлд мæсыг... Мар- тъийы мæй... Уынгты хæл-хæлгæнгæ згьо- рынц митдæттæ. Хъæугæрон фыдохы цырты- 111
тау лæууынц рагон зæппæдзтæ... Боихæрæ- нæй хъуысы æххормаг роды тæригъæддаг уасын... Иунæг гал уыдис Саламаты хæдза- ры æмæ уымæн дæр цæдисы куыстæй къода- хау ныррæсыд йæ бæрзæй... Тохнатæй кæлы сæнары хъæхъхъаг фæздæг æмæ йæ рагуал- дзæджы дымгæ хæссы хæхтырдæм... Хæхты та сыстад уад, æнæхайыры уад æмæ йын банцайæн нал ис йе 'хситтæй. Хъуысы зæй- ты гыбар-гыбур... Мæнæ хъæуы судзаггаг зиан æрцыд... О, судзаггаг зиан: бабын ис Саламаты хæдзар, амард мæгуыр Виссарион... Кæд, миййаг, уыцы нывтæ ахъазыдысты Софьяйы цæстыты раз ныртæккæ? Æвæццæ- гæн, уыдон сты, уый йедтæмæ афтæ æрхæн- дæг нæ уаид ацы сахат. О, фæлæуу, æмæ кæд æндæр нывтæ сты, уæд та?.. Сабитæ сидзæрæй аззадысты хъæуы уæзæгыл. Стæй сæ сæууон мигъы хуызæн царды уылæнтæ айстой сæ разæй. Софья йæ райгуырæн хъæуæй æрбафтыд Чъребамæ. Ам каст фæци райдиан скъола. Фæлæ йын дарддæр ахуыр кæныны фадат нæ уыд: хъуыди истæмæй цæрын. Æмæ æрыгон чызг бацыд газет «Хурзæрины» ре- дакцийы типографимæ дамгъæтæ æмбырд- гæнæлæй... Цард æхсыст Софьяйы алыварс. Райгуырæн бæстæ райтыгъта йæ домбай базыртæ æмæ йæхи исын райдыдта экономикой æмæ культурой рæзты бæрзæндтæм æмæ уый 112
тыххæй газет «Хурзæрины» фæрстыл зæр- дæргъæвд чызг кастис бирæ æрмæг æмæ йæ* æрф.æндыд дарддæр ахуыры фæндагыл ацæуын. Калачы бацыдис рабфакмæ æмæ- йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæиæнти- мæ. Фæлæ йæ ног заманы гуылфæнтæ семæ* хастой дарддæр... Ленинград... С. М. Кировы номыл хæс- тон-медиципон Академи. Уырдæм ахуыр кæ~ нынмæ кæй райстой, уыцы фыццаг сылгой- мæгты æхсæн уыдис хæххон чызг Саламаты Софья дæр. Софья хæстон-медицинон Академийы! Академнйы фæстæ æфсæддон службам 1935 аз. Дард Даури... Æфсæддон хайы коммунисттæ Саламаты Софьяйы райстой Ленины цытджын партимæ, цардмæ йын фæндаг чи байтом кодта, хæххон сылгой- маджы хъадамантæ чи райхæлдта, уыцы номдзыд партийы рæнхъытæм. Уыцы бон- Софья йæ боныджы ныффыста æрмæст цал- дæр дзырды: «Абон æз райгуырдтæн дык- каг хатт. Парти, пыр æз дæр дæ тугдадзии- тæй иу дæн, æмæ дын ард хæрын, дæ сидт- мæ, дæ сæрвæлтау мæ уд дæр рауæлдай кæндзынæи мæ туджы фæстаг æртахьг онг»... Хæххон чызг нæ фæсайдта йæ сомы. Райгуырæи бæстæйы сæрвæлтау уый тохы 'фæндагыл цæуын райдыдта 1939 азы, Урс- фипнтпмæ карз хæстыты рæстæг... Цæгатаг уазал зымæг. Карз тымыгътæ... Астæумæ ,8 Цæудзыстэем'ти д«фдмæ 113
мит... Тар хъæды тъæпæнтæ... Мингай цъы- маратæ... Сармадзанты нæрын, пулеметты къæр-къæр... Цæф æфоæддонты хъæрзын... Туджы лæсæнтæ... Цы нæ бавзæрста, цы нæ федта хæххон чызг йæ уарзон царды æмбал Алыксандримæ. О, уæд фæрсæй-фæрстæм тох кодтой дыууæ æмбалы!.. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ сæ тохы тымыгътæ фескъуыдтой кæрæдзийæ, фæхастой сæ фæйнæрдæм. Ленины цытджын горæтыл знаг сау калмау куы æртыхст æмæ йæ туджы куы мæцыд, уыцы бонты Алыксандр ам уыдис, Софья та — æндæр фронты. Æрмæст цыппар чы- сыл писмойы ныффыссын бафтыд Алыксан- дры къухы йæ хæстон бпнойнагмæ. Уæззау тохты кæрæй-кæронмæ ахаста уыцы писмо- ты Софья æмæ сæ хъахъхъæдта стыр хæз- найау. Мæнæ йæ иу писмо: «Æз зонын,— фыста Алыксандр,— иуда- дзыг дæр уæззау уавæры кæй дæ, уый... Ахæм уавæры ис æгас бæстæ дæр... Мæ зынаргъ, стыр хæс æвæрд ис махыл...» Æндæр ницы фыст уыдис уыцы писмойы. Фæлæ дзы алы дзырд, суанг алы стъæлфы дæр адæймаг уыны патриоты сыгъдæг цæс- гом æмæ фидар ныфс. Алыксандр æууæн- дыд, знагыл кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл, фæлæ йын нал бантыст уыцы бæллиц- цаг бон фенын... Хъæбатырæй фæмард 1942 азы, тъæнджы мæйы фарæстæм бон... Ныфс æмгё æхсар хъуыд ахæм уæззау Д14
зиан бауромынæн. Ахæм ныфс æмæ æхсар разындис Софьямæ. Иæхæдæг дæр бирæ хатт мæцыди йæ туджы. Фæлæ никуы æрызгъæлдысты йæ уæнгтæ, никуы асасти йæ зæрдæ... Æмæ мæнæ ныр кæсын уыцы диссаджы сылгоймаджы цæсгоммæ. Фыццагау ныр дæр иу у йæ нысан, йæ бæллиц: тох æнæ- хатыр мæлæты ныхмæ! Хæсты азты дæргъы уый фервæзын кодта мингай æфсæддонты æмæ афицерты... Уый тыххæй йын парти æмæ Советон хицауад скодтой стыр аргь: радтой йын Ленины орден, Сырх тырысайы орден, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæп- хæны орден, Сырх стъалыиы орден æмæ цалдæр майданы, йæ бюст та йын, куыд загьтон, афтæмæй сæвæрдтой, кæм ахуыр кодта, уыцы хæстон-медициион Акаде- мийы... * — Æвæдза куыд тагъд згъорынц азтæ, — сабыр æмæ ризгæ хъæлæсы уагæй дзуры Софья æмæ нæм æвдисы, рæстæг кæй сбур кодта, ахæм газеттæ æмæ писмотæ. Бирæ сты уыдон. Алкæуыл дæр сæ баззад хæсты уæззау фæд... Мæнæ цалдæр писмойы. Иу- уылдæр сты кърандасæй фыст. Ранæй-рæт- ты дзы равзарæн ницуал ис. Фæлæ сæ уæд- дæр æхсæнмæхсæнты кæсæм æмæ сын ах- сæм сæ иумæйаг хъуыдытæ. Чи сæ ныффы- 115
ста? Хуымæтæджы советон æфсæддонтæ: Жилов, Гуров, Соловьев, Гоголь... Хъæбул йæ уарзон ныййарæг мадæй куыд бузныг вæййы, афтæ бузныг сты уыдон иууылдæр Софьяйæ, знаджы нæмгуыты бынæй сæ кæй рахаста, уый тыххæй. Бирæ сты ахæм фыстытæ... Уый уыдис хйестон чызджы хæстон зын фæндаг. Æмæ ныр дæр Софья ис царды гуылфæнты, уый разамынд дæтты Тбилисийы окруджы æф- сæддон госпитæлы терапевтон хайадæн. Хæсты уæззау бонтæ йын арф хъæдгæмттæ ныууагътой йæ зæрдæйы. Фæлæ медициной -службæйы булкъон Саламаты Софья дард- дæр дæр цæуы йæ кадджын фæндагыл, пар- тийæн, советон адæмæн лæггад кæныны цытджын фæндагыл.
I æуыл та сагъуыди дымгæ? Цæуыл фут- тытæ кæны афтæ мæстджынæй? Йæхи та ныццавта зымæгон цъæх мигътыл, фæйнæрдæм сæ бындзыггай рæдувы. Бæлæсты къалиутæй зæхмæ згъалы хæмпус чырс. Кæйдæр фæскъулæй фелвæста хосы цъупп æмæ йæ халгай тауы. Куыд æнæуаг у. Мæнæ йæ разæй стымбыл кодта кæйдæр хъусджын худ. Хъазы дзы пуртийау. Хус сыфтæрау æй фелвасы зæххæй. Бæрзонд æй сисы. Цъилау æй ныздухы æмæ йæ æгъаты- рæй ныццæвы агьуыстыты къултыл, кау- тыл. Фæхæссы йæ кæдæмдæр. Иæ фæстæ цыппæрвадыгæй ныййарц сты сывæллæттæ. — Хæцут ыл, хæцут ыл! — хъæр сæм кæны иу хæрзконд нæлгоймаг. — Хæцу-ут-ыл, ныртæккæ доны смидæг уыдзæн! Хъæр кæны, худы, фæлæ йæхæдæг йæ бы- натæй не 'змæлы. Уынджы фисыныл лæууы бæгъæмсарæй, афтид хæдон æмæ хæлафы хæрзконд нæлгоймаг, йæ къухтæ тилы... Сывæлл)æттæ згъорынц худы фæдыл. Нæ сын комы æрцахсын—лидзы сæ разæй. Уæр- в 117
тæ йæ чидæр баййæфта. Иæхи йыл баппæр- ста æмæ йæ йæ быны анорста. Æрбаскъæ- фы йæ фæстæмæ. йæ чысыл цæстытæ æртти- вынц. — Хъазбег, Хъазбег! — йæ дзырд йæ дзы- хы нал бады лæппуйæн. — Гъе, уый лæппу у, гъе! — йæ размæ цалдæр къахдзæфы ракæнгæйæ дзы раппæ- лыд худы хицау. — Æз дын æй æрцахстон... Ныр мæ дæ тракторыл бадын бауадздзынæ? — Тæккæ райсом. Уалдзæг куы ра- лæууа, уæд та дæ мемæ быдырмæ ахондзы- нæн. Иумæ хуым кæндзыстæм, таудзы- стæм. — Æмæ мæ баба ауадздзæн? — Бабаимæ æз мæхæдæг баныхас кæн- дзынæн. Æрмæст дзырдæй: мемæ кусдзы- нæ, трактор дæхæдæг скъæрдзынæ, скъо- лайы хорз куы ахуыр кæнай, æрмæстдæр уæд. Разы дæ? — Дæн, — един кодта лæппу æмæ йæ цæстæнгас ахаста йе 'мбæлттыл. Чидæр ын йæ фарс батъæпп ласта тымбыл къухæй. Æвæццæгæн æм хæлæг кодтой йе 'мбæлттæ, хардзау сæм касти, худ æрцахсын сæ бон кæй нæ бацис, уый. Чидæртæ дзы кæрæдзи- мæ фесты. Иу дзы иннæйы йæ быны аууæр-- ста. Тымбыл къухæй йын ралæууыд йæ сæ- рыл. Хъазбег бацыд се 'хсæнмæ. Ныллæг хъæлæсы уагæй сын дзуры цыдæртæ. Мæнæ дзы кæмæдæр æргуыбыр кодта. Æрбадти 118
дзуццæджы. Æрдæгскъуыддзæгтæй хъуысы йæ ныхас: — Айв нæу искæйы рæстæй æфхæрын. Хорз скъоладзау афтæ никуы фæкæны... — Æмæ исты мæн аххос у... Иæхæдæг мæ ракъахта раздæр, — сæргуыбырæй дзуапп лæвæрдта лæппу. — Æ-æ, сæгуыты лæппын... Фæлæуу, мæ- нæ дын дæ ахуыргæнæгыл кæнæ дæ ныййар- джытæй искæуыл фембæлон, кæддæра сын нæ радзурин, дæхицæй æдыхдæры куыд бафхæрдтай, уый тыххæй. Лæппу йæ сæр ноджы ныллæгдæр æруагъ- та. Уыцы мадзурайæ иуварс азылд æмæ си- сы рæбын слæууыд. Хъазбег æм аивæй каста йæ цæстыты зулæй æмæ тыххæйты æм- бæхста йæ мидбылты худт. Лæппу лæууы- дис цавддурау. Гæзæмæ бауымæл сты йæ хъоппæг цæстыты бынтæ. Афтæ зынд, цыма ныртæккæ фегом уыдзæн йæ кæуындзæг æмæ йæ пух уадултыл æргæр-гæр кæндзы- сты йæ цæссыгтæ. Фæлæ не скуыдта лæппу. Йæ чысыл сау æрфгуыты бын тыбар-тыбур кодтой йе 'нæхин сыгъдæг цæстытæ, цыма искæмæй исты куырдтой, уыйау. Æмæ кæд куырдтой, уæд та? Цы? Кæмæй? Мæнæ ацы ас адæймагæй: «Мацы зæгъ мæ ахуыргæнæ- гæн... Мæ мадæн дæр. Никуыуал бакæндзы- иæн афтæ... Мацы зæгъ, мацы», — дзырдтой сабийы цæстытæ. — Сæгуыты лæппын, — ногæй та рай- хъуысти Хъазбеджы хъæлæс. Ацы хатт уый 119
дзырдтз бынтон сабыр æмæ фæлмæнæй. — Цæй, хорз. Рацу, æмæ бафидауæм... Нæ къухтæ кæрæдзимæ раттæм... Уыцы ныхæстæм сæрттывтой лæппуйы хъоппæг цæстытæ, кæрæдзийæ фæйнæрдæм фæцыдысты йæ тыппыр былтæ æмæ урс-ур- сид дзæнхъайы къæрттытау разындысты йæ дæндæгтæ... Дымгæ йæ кæнон кодта. Фæлæ йæ Хъаз- бег ницæмæ дардта. Уадз æмæ тъиза, уадз æмæ футтытæ кæна. Хъазбегæн ницы хъом у. Уый ныр фидар лæууы йæ къæхтыл. Мæ- нæ лæууы тулдз бæласы хуызæн æмæ кæсы цард мондаг сабитæм. Кæддæр йæхæдæг дæр уыдоны цахъхъæн уыдис. Ссæдз азы размæ. Æрдзæхстытæ йæ кодта хъысмæт. Рагуалдзæджы йæ сæ быны аууæрстой карз тымыгътæ. Æрдæбон ын дымгæ йæ худæй куыд хъазыди, йæхицæй та йын афтæ ахъа- зыдысты уæззау æмæ зын азтæ. Миты хъæ- пæнтæ йын бакалдтой йе 'рыгон зæрдæйы. Фæлæ нæ ахуыссыд йæ уæнгты цæхæр. Кæ- дæмдæр афардæг сты уазал тымыгътæ. Бан- цади уады ниуын. Саби цыдис саджилтæ фæндагыл. Хаттæй-хатт-иу фæбырыдысты йæ къæхтæ. Фæлæ йыл-иу фæхæсти хорз адæймаджы къух. Сыстын-иу æй кодта, са- рæзта-иу æй раст фæндагыл. «Мауал фæ- быр!» — хъуыста кæйдæр æнæбæрæг хъæ- лæс. Уый сæ сыхæгты зæронд лæг Мухтары хъæлæс уыд. Абон дæр ма йæ хъусы Хъаз- бег: «Лæппу, хæдзары дзаг бинонтæ де 120
'вджид баззадысты... Сидзæрæй, æвæгæсæ- гæй... Зонын æй, дæхæдæг дæр нырма æнахъом дæ, фæлæ фæхæц дæхиуыл. Ма баком дымгæйæн ахæссын!» Æмæ нæ бакуымдта... Уадз æмæ футтытæ кæна дымгæ. Уадз æмæ йын скъæфа йæ худ дæр. Худ йедтæмæ ма исты у? Стæй йæ кæй онг хæсдзæн? Фæндагыл фæзындзæн иу цæуæг. Æрлæу- дзæн дымгæйы ныхмæ. Æрцахсдзæн худ. Ау, афтæ бакæнын чысыл сабийы бон дæр ма куы бацис... II — Уæдæ сымах Пузиччы агурут? — арф иыуулæфгæйæ нæ бафарста Хъазбег. — О, — цыбыр дзуапп раттам мах. — Æвæццæгæн, æмæ уæ æнхъæлмæ кæ- сын бахъæудзæн... Пузик ам нæй... Абон рай- сом Заманхъулмæ ацыд йæ хæстæджытæм... Мах нæхимидæг батыхстыстæм... — Æмæ тагъд æрбаздæхдзæн? — Аизæр æй ардæм хъæуы. Партион æм- бырд нæм ис æмæ йын уым æнæуæвгæ нæй. Ныхас дзы цæудзæн нæ уалдзæджы хъуыд- дæгтыл. Хъазбег цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй загъта: — Айв нæу уыпджыкъæйыл лæууын. Ми- дæмæ нæм рацæут. Цæхх æмæ уын кæрдзы- нæй фысым уыдзыстæм. Уæхи схъарм кæ- нут. Уæдмæ Пузик дæр зындзæн. Гъе 121
стæй, кæд афтæ æнæвдæлон стут, уæд За- манхъул дæр арвы кæрон куы н<æ ис, мий- йаг... — Гъе уый хъуыддаджы ныхас у. Фæлæ дæ немæ ацæуынмæ кæм февдæлдзæн, — бафиппайдтам мах. — Уемæ? Цæуылнæ. Мæ трактор цæттæ у. Гъе æрмæст Пузик нырма æндæрæхсæв æрбацыд Олгинскæйæ. Уым куыста. Быдыр- тæм фаджыс ласта, фермæтæм холлаг. Йæ трактор ремонтгæнинаг у æм.æ йæ мæ зæр- ды абон райхалын уыд... Цæй, райсом æй райхалдзыстæм. Хъазбег йæ дарæс раивынмæ ацыд... Чысыл фæстæдæр рог машинæ мах скъæфта Беслæныхъæуæй Заманхъулырдæм. Нæ фарсмæ бадтис тракторист Смайлиаты Хъазбег дæр. Мах цæуæм йæ кæстæр æфсы- мæр Пузиччы фенынмæ. Нæ фарсмæ бады Хъазбег æмæ фæлгæсы быдыртыл. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ байгом кæны машинæйы дуар æмæ уæд дзæбæх фæхъусæм у аз ал дымгæйы æхситт. Иу миты къæрмæг никæцæй зыны. Адæй- магмæ афтæ кæсы, цыма нырма æрæгвæззæг улæфы йæ комыдзагæй æмæ, йæ хъулон къæхтæй даргъ санчъехтæгæнгæ, барджы- нæй цæуы ацы зæххыл, цыма йæ нæ фæнды зымæджы уазал дзæмбытæм йæхи раттын. Ай-гъай, нæ йæ фæнды. Уый йедтæмæ ис- куы дæр ма афтæ уыдис, æмæ ацафон зæхх йæ уæлæ урс-урсид кæрц ма скæна! Афтæ 122
цъæх кæд дардтой Ирыстоны быдыртæ тъæнджымæй? Никуы, фæлæ ныр дарьщц. Нывæфтыд егъау гауызтау нæ размæ ай- тынг сты фæззыгæндтæ. Ранæй-рæтты сатæг- сау дарынц анауыли зæххытæ. Стыр тъæ- пæнтæ нырма æм'бæрзт сты нартхоры хъæл- лæгъæй. Хъуысы тракторты моторты гуыв- гуыв, чысыл суадæтты сыр-сыр. Цы ма у а ахæм нывтæм кæсынæй æхсыз- гондæр зымæгон! Æмæ сæм мах не 'ппæт дæр кæсæм. Фæлæ куыд бафиппайдтон, аф- тæмæй нæ ног зонгæ Хъазбеджы æрфгуы- тæ фæтар сты, фæуæззаудæр, фæдæрзæгдæр йæ хъæлæсы уаг. Арф ныуулæфыд, йæ дзы- хæй схаудта иуыæг дзырд: — Анауыли! Æз раздæр нæ бамбæрстон, Хъазбег уы- мæй цы зæгъынмæ хъавыд, уый. Фæлæ ног фæлдæхт зæххыты тæлммæ куы бахæццæ стæм, уæд тракторист фæбæлвырддæр код- та йæ хъуыды: — Анауыли... Цæттæ хор у уый... Фæлæ махмæ ацы аз иунæг гектар дæр анауыли- гонд нæй. — Цæуыннæ? — Нæ колхозы разамонджыты аххосæй. Бавдæлдысты, æмæ нартхоры хъæллæгъ æнæ карстæй кæмæндæр ауæй кодтой. Æл- хæнджытæ йæ афоныл нæ ныккарстой. Зæхх æнæсыгъдæггондæй баззад. Мах та замма- найы цæхæры хуызæн рæстæг бонасадæн кодтам. 123
Хъазбег фæхъус. Аджих. Стæй йæ къух цæуылдæр ауыгъта æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Æмæ анауыли дæр цыфæнды фæуæд, бар йæхи, уалдзæджы нæ зæххытæ арфдæр бахуым кæндзыстæм, фæлæ бирæ цыдæртæ не 'мбарын нæ колхозы хъуыддæгтæй. Ногæй та ныхъхъуси Хъазбег. Нæ маши- нæ иу ран æрурæдтам æмæ нæм дзæбæх- дæр æрбайхъуыст суадæтты сыр-сыр. За- манхъулы бæрзæндтæй згъорынц уыцы алæ- мæты суадæттæ. Зымæджы бон нæ бацис уыдоны их архъантæй æрцахсын, сæ чысыл дзыхты сын митын къæрмæджытæ нытъ- тъыссын æмæ зарынц, зарынц... Кæдæмдæр згъорынц... Мæн бафæндыд ам, тыгъд бы- дыры, суадоны был мæхи æруадзын, рæгъ- тæм æмæ быдыртæм фылдæр фæкæсын, сыгъдæг уæлдæфæй арфдæр сулæфын, суадоны зарæгмæ дзæбæхдæр байхъусын, уы- мæн æмæ рагæй нал уыдтæн ам... О, фæлæ мып цы радзурдзæн быдираг хъал суадон? Цы мын радзурдзæн? Алцы дæр. Зæгъдзæн мын: «Мæн хуызæн æнæскъуынгæ у цард дæр». Æз æм бай- хъусдзынæн æмæ йæм ныдздзурдзынæн: — Уыриы мæ! Уый фæстæ комкоммæ бакæсдзынæн мæ ног зопгæйы цæстытæм æмæ йæ бафæрс- дзынæн; — Ды та цы зæгъдзынæ? Фæлæ мын уый ницы дзуапп ратдзæн. Æз 124
æм уæдæй нырмæ дæр мæстæй хæлын. Æмæ йæм куыднæ мæсты кæнон! Цал æмæ йæ цал хатты бафарстон! Исты мын, зæгъын, радзур, дæхи, дæ бинонты цардæй. Уый та, цыма йын йæ дзых хуийгæ бачындæуыд, уыйау æппындæр ницы дзуры, йæхи æндæр ныхæстыл адары. Цы нæ цæуы сæ колхозы хъуыддæгтæй йæ зæрдæмæ? Нæ, ныртæккæ сарт æмæ мысалгъæй дæр иу дзырд нал скъахдзынæ Хъазбегæй. Тар у йæ цæстæнгас, хъуынтъыз — йе 'рфгуытæ. Мæнæ та ныф- футт ласта дымгæ æмæ кæцæйдæр æрбаха- ста тракторы моторы уынæр. Хъазбег фæ- хъил кодта йæ сæр æмæ бынтон æнæнхъæлæ- джы загьта: — Æмæ сымах зонут, Пузик æфсадæй æртæ азы размæ кæй æрыздæхти, уый? Нæ хъысмæт куыддæр иухуызон рауад. 1948 азы фыццаг хатт сбадтыстæм тракторыл æмæ нæ колхозы быдырты акодтам нæхи сæрма- гонд фыццаг гутонвæдтæ. Нæ дыууæ дæр афтыдыстæм Сыбырмæ... Уазал цæгатмæ... Уым службæ кодтам... Хъазбегæн та ууыл фескъуыди йæ ныхас. Æз бамбæрстон, йæ царды тыххæй йæ ра- дзурын кæй фæнды, фæлæ йæ бон кæй нæу, уый æмæ йæ ницæмæйуал фарстон... III Дзæвгар фæбадтыстæм Заманхъулы Би- гъаты Бимболаты хæдзары. Уыдон Пузиччы хæстæджытæ сты. Бирæ диссæгтæ нын фæ- 125
дзырдта зæронд Бимболат. Ацы фæрныг хæдзары кæрæй-кæронмæ райхæлд Сымай- лиаты бинонты царды къуыбылой дæр. Даргъ у уый. Бирæ рæтты фæхаутæ æмæ-иу фæцæйскъуыди, фæлæ аскъуынын нæ ба- куымдта. Цард æй дарддæр нывæзта... Мæ фарсмæ бадынц дыууæ æфсымæры. Сæ иуыл цæуы иуæндæс æмæ ссæдз азы, иннæуыл — фондз æмæ ссæдз. Сæ дыууæ дæр трактористтæ сты. Хистæр — мадзура, кæстæр — æргомдзырд. Мæнæ ныртæккæ дæр Пузик халы бинонты царды къуыбылой. Хъазбег бады йæ ба- комкоммæ æмæ хъусы йе 'фсымæрмæ. Ца- вæрдæр ,æнкъард хъуыдытæ схæлбурцъ код- той йæ риуы æмæ сæ йæ бон бамбæхсын нæу — комдзог ыл цæуынц йæ цæсгомы нуæрттæ... Хъусын æз дæр ныхасгæнæгмæ. Йæ ны- хæстæ мæ сисынц сæ базыртыл æмæ мæ ра- хæсс-бахæсс кæнынц Ирыстоны къуымты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугвæндæгтыл. Кæцæйдæр мæм æрбайхъуысы æвæгæсæг сабиты кæуын æмæ мæлæг адæймаджы хъæрзын. Уый Хъазбег æмæ Пузиччы мад Тамарæйы хъæрзын у... Уазал уаты хуыссы уарзæгой мад. Йæ фæлурс уадултыл æнцад- гай лæсынц судзгæ цæссыгтæ. Зыр-зыр кæнынц йæ цола къухты æнгуылдзтæ... Рагуал- дзæджы хуры тынтæ æрбакалдысты Сымай- лиаты хæдзары рудзгуытæй. Ахъазыдысты рынчыны цæсгомыл. Фæстæмæ куыд атах- 126
тысты, уый нал федта Тамарæ, æрæхгæдта йæ цæстытæ æмæ йыл ныттари бæстæ. Фемæхстысты Хъазбеджы цæссыгтæ. Авд- аздзыд Пузик тарстхуызæй кæсы, марды уæлхъус чи стыгуыр, уыцы адæммæ. Бинон- ты кæстæр — афæдздзыд Толиччы сыхаг сылгоймæгтæй чидæр систа йæ хъæбысы æмæ йæ ахаста йемæ. Мæнæ сæ иунæг æнахъом хо дæр... Ныддæлгом йæ мадыл. Йæ хъусы йын цыдæртæ дзуры, фæлæ уый никуыуал райхъал уыдзæн-.. Кæм ис сæ фыд Агуыбечыр та? Ацы уæз- зау бон цæуылнæ æрбалæууы йæ сабиты уæлхъус æмæ сæ цæуылнæ барæвдауы? Уый дард кæмдæр хæцы немыцаг лæбурджыти- мæ. Чи зоны, афонмæ искуы тыгъд быдыры астæу йæ туджы мæцы. Ныр дзы цалдæр мæйы ницы хабар ис... Пузикæн йæ ныхас фескъуыд. Цæуылдæр ахъуыды кодта. Зын ын у уыцы хабæрттæ мысын. Æмæ ма сæ æниу ныр цæмæн хъæуы мысын дæр. Уæдæй нырмæ сддæс азы ра- цыд. Уæд бахаудтой сидзæр сабитæ Дур- Дуры сывæллæтты хæдзармæ дæр æмæ уым хъомыл кодтой, цалынмæ хæст нæ банцад, уæдмæ. Хæсты фæстæ сæм ардæм фæзынди сæ фыд æмæ сæ ракодта сæхимæ. Уæдмæ дыууæ хистæр лæппуйы бахызтысты сæ лæ- джы кармæ. Сæ фыд Агуыбечыр куыста сæ колхозы полеводæй æмæ сæ-иу йемæ арæх ахуыдта быдырмæ. Арæх сæ-иу ныууагъта быдырон станы, кæнæ тракторон бригады. 127
Лæппутæ цымыдисæй кастысты трактортæм. Фæндыдис сæ уыдоныл сбадын. Чындздзон чызгау худти уалдзæг. Алы- хуызон æрттывд кодтой дидинджытæ. Фæл- мæн дымгæ хъазыд ногдзыд кæрдæджы æв- зартæй. Æндон уæйгуытау базмæлыдысты трактортæ æмæ фæлдахын райдыдтой зæхх. Сымайлиаты лæппуты сæ къах нал хаста быдырæй. Куыстой прицепщиктæй. Хъаз- бег æвзæр нæ арæхст. Фæлæ-иу фæлтæрд- джын трактористтыл хаттæй-хатт худæг ба- хæцыд Пузикмæ кæсгæйæ. — Нæ кæсут уымæ,— дзырдтой-иу трак- тористтæ. — Зæххæй уæлæмæ нæма зыны, афтæмæй тракторыл сбадынмæ йæ быцъы- нæг хъары... Нæ йæм кæсут, доны ведра йæ фæдыл куыд фæласы! Æмæ йын æй тракторы та чи ныккæндзæн? Иу ахæмы та Пузик цыдæртæ архайдта тракторимæ, афтæмæй йыл æрбамбæлд йæ фыд—колхозы полевод. Фæкастис æм æдзы- нæг. Ницы уыйбæрц дзы барухс йæ зæрдæ æмæ йын загьта: — Лæппу, трактор бæх нæу. Саргь ыл нае сæвæрдзынæ æмæ йыл дæ зæрдæйы дзæ- бæхæн нæ атезгъо кæндзынæ. Фæлтау афар- дæг у хъæмæ æмæ уал искуы фæскъул лы- стытæ уидз... Уый уыди 1948 азы. Фæлæ Пузик «лыстьь тæ уидзынмæ» ацæуьшыл не 'сразы. Йæ хис- тæр æфсымæры фæдыл ныфсджынæй ас- къæрдта домбай трактор. Цымæ цал мин 128
гектары афæлдæхтой зæхх дыууæ æфсымæ- ры уæдæй нырмæ? Цал мин тоннæйы æр- зайын кодтой хор? Зын банымайæн сты уы- дæттæ ныртæккæ. Æрмæст иу хъуыддаг бæлвырд у — нæма сæххæст æфсымæрты бæллиц. Уыдоны фæнды, фыдæй-фыртмæ Беслæныхъæуы зæххытыл кæй никуыма фендæуыд, ахæм тыллæг æрзайын кæнын. Уый тыххæй сæм ис фæлтæрддзинад дæр æмæ арæхстдзинад дæр. Æркæсæм ма сын сæ фароны куыстмæ. Дыууадæссæдз гектары сæхимæ райстой зæхх. Байтыдтой йæ уалдзæджы. Фæзылдысты йæм суанг æрæг- вæззæгмæ. Æрмæстдæр дыууæйæ! Сæхицæй дарддæр йæ къух ничи бакодта уыцы хуым- тæм. Æмæ сæ алы гектары дæр сызгъæрины хуызæн нартхорæй æрзад иу æмæ æртис- сæдз центнеры! Уый чысыл нæу. Фæлæ дыууæ æфсымæры разы не 'сты ахæм тыллæгæй. Уыдон хорз зонынц, ацы зæххæй фылдæр хор, фылдæр бæркад райсæн кæй ис, уый. Акæсут ма да- лæ Хуымæллæджы, кæнæ Быруты нартхо- рыкуыстгæнджытæм! Афтæ дард не 'сты Беслæныхъæуæй — сæ зæххытæ æмауæдз сты. Уæдæ цы æгъдауæй бафтыд уыдоны къухы ахæм хъæздыг тыллæг æрзайын кæнын? Хъазбег æмæ Пузик къорд хатты уы- дысты Æлбегаты Харитоны хуымты. Фæ- фарстой номдзыд звеноводы йæ куысты тыххæй. Фæлæ нæй, сæ бон нæ бацис уымæ æв- вахс бацæуын дæр. Цæй аххосæй? Фыцца- 9 Цæудзыстæм та дардмæ 129
джыдæр, механизацигонд звенотæ сæм кæй н& ис, зæхх комплексон æгъдауæй куыст- гонд кæй йæ цæуы, уый аххосæй. Дыккаджы та, хуымтæм хъацæнтæ фаг кæй нæ ласынц æмæ сæм бахъуаджы сахат дон кæй нæ рауадзынЦ, уый аххосæй. Æртыккаджы — ХЫПьд куыд æмбæлы, афтæ æвæрд нæу, стæй хъæууонхæдзарадон машинæтæй дæр æвзæр пайдагонд цæуы... Дзуры уыцы хъуыддæгтыл Пузик æмæ хаттæй-хатт йæ цæсгомы нуæрттæ æрбатым- был вæййыйц... — Афтæмæй дарддæр кусæн нал ис... Дæ- уæн бар дæхи, Хъазбег, фæлæ æз ацы аз афтæ кусыныл разы< нал дæн, — цæхгæр алыг кодта Пузик. — Уый цытæ дзурыс, Пузик? ■— комком- мæ йæм уайдзæф кæнæгау бакаст Хъазбег. — Æцæг цы у æмæ мæ зæрды цы ис, уый, — ноджы тызмæгдæрæй загъта Пузик. — Æз мулкмæ никуы бæллыдтæн, стæй цы у, уымæн дæр ницы зонын, фæлæ мæм раст нæ кæсы, нæ колхозы разамонджытæ нæ куыд хъазынц, уый? — Цал тоннæйы нæм цыд уæлæмхасæн мызд æмæ нын дзы цас радтой? — Æмæ дæ хъæугæ та кæцырдæм кæ- нынц? Мæлæты бирæ даринæгтæ дын куы- нæ ис. — Ныхас даринæгтыл нæ цæуы. Æз уыцы нартхор уæвгæ дæр нæ райстаин, фæлæ мын афтæ куы загътаиккой: «Рацу, Пузик, æмæ 130
дæ- фæллой райе. Бузныг дæ стæм .не 'ппæт дæр, зæгъгæ, уæд ныртæккæ зонин, мæ куыс- тæн аргъ кæй ис, уый æмæ хуыздæр уынин мæ развæндаг. — Стæй та дæ бафæндыдаид, цæмæй дын дæ кады, дæ намысы зарæг ныккæной? — Кæуыл хъæуы, ууыл ахæм зарджытæ аразын дæр æвзæр нæу.1 Кады зарджытæ ныл цæмæй кæной, ахæмæй нæм ницы ис. Фæлæ цæргæсæн йæ базыртæ куы акъуырай, уæд кæй нал тæхы, уый дæр дæ рох ма уæд. — Мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ æгæр стырындз дæ ныртæккæ. Цæмæн хъæуы афтæ бæрзæндты тæхын... Хохы рындзæй куы раехъиуай, уæд дын де 'стæгдар халон дæр нал ссардзæн, — мæстджынæй загъта Хъазбег. — Æмæ бæллæх дæр уый нæу. «Нæ хъæуы. Ма дзур. Ницы дæ хъуыддаг ис!» Бы- дыры сæдæгай тоннæтæ хор æмбийа цавæр- дæр æнæсæрфат бригадиры аххосæй — мацы зæгъ! Исчи æхсæнады исбон хæлæттаг кæ- на — дæ дзыхыл хæц! Дæ къух уазал доны ма стул, афтæмæй дæхицæн сины хæйттæ лух, фарон фæззæг чидæртæ æнæзакъонæй уæлæмхасæн хор куыд райстой, афтæ — мацы сæм едзур! Ды зæххы куыст механизаци кæныпыл' архай, чидæр та дын дæ къухты нæ фыдæлты къæпи тъыесæд. Æмæ уæд дзургæ та цæуылнæ хъуамæ кæнæм? Ау, бы- дыргътæ стæм? Нæ, Хъазбег, æз æмæ дзы дæ»у.м:æ: дæр бирæ-азым:хауы. Æцæг комму- 131
нистæн йæ бон нæу, хъуагдзинæдтæ куы уы- на, уæд сæ иувæрсты цæуын!.. ; . Пузик фæныллæгдæр кодта йæ хъæлæсьь уаг. Хъазбег æм ницыуал дзырдта, афтæ- мæй сагъæсхуызæй бадтис. Нæ йæ фæндыд, ныхас æгæр даргь цæмæй цыдаид, уый æмæ архайдта, йе 'фсымæры сабыр кæныныл. Фæлæ та Пузик дзурын райдыдта ногæй: — Бацыдыстæм партийы райкоммæ. Раст фыццæгæм секретарæн йæхимæ. Радзырдтам хабæрттæ кæрæй-кæронмæ. Суанг ма йын нæ фермæты уавæры тыххæй дæр загътам. Цалдæргай бонтæ, зæгъæм, хъуццытæ æвæ- гæсæгæй баззайынц. Афтид хъæмпы æвджид сæ пыууадзынц. Сæ бынтæ сын нæ сыгьдæг кæнынц. Дуцæг сæ нæ вæййы. Æхсæвæй-бо- нæй сæ бастæй дарынц... Нартхор кæй бам- быд, зæххытæ æвзæр куыстгонд кæй цæ- уынц, уыдæтты тыххæй дæр ын радзырдтам. Уый. нæм биноныг фæхъуыста, стæй нын аф- тæ зæгъы: «Хорз, æркæсдзыстæм хъуыддаг- мæ». Æмæ ма сæм абон дæр кæсынц, фæлæ уавæр нæ фæхуыздæр, аххосджынтæй дзуапп ничи бацагуырдта. Мах дæр æй ныхъхъуытты уагътам. Уый раст у? — Гъемæ нæм изæры партион æмбырд уыдзæн, æмæ уым дæ зæгъинæгтæ иууыл- дæр зæгъ. Чи дæ хъыгдары? — йæхи нал баурæдта Хъазбег. — Бæгуыдæр сæ зæгъдзынæн. Мæ цæст дæр нæ фæныкъуылдзынæн. Нæ урскъух бригадир Таймуразæй тæрсын? Нæ йæфе- Щ
ныс куыстафон? Урс цыллæ кител æмæ æрт- тиваг цырыхъхъыты дзуарылæджы цыд фæцæй кæны. Цавæр разамонæг у уый? Хуымы астæумæ йæ бакæн, æмæ дын æнæ- сахъат æфсирты æхсæн мæгьæлда нæ раир- тасдзæн. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Центрон Комитеты мартъийы Пленум биноныг æр- кæсдзæн уыцы хъуыддæгтæм. Гъе, уый дын мæ ныхас. Кус, цас дæ фæнды, уыйбæрц. Æз мæхимæ сæрмагонд зæххы хай нал райс- дзынæн. Мах фемдзаст стæм Хъазбегимæ. Уымæн гæзæмæ фæсырх йæ цæсгом æмæ æфсæрм- хуызæй загъта: — Раст дзуры нæ колхозы хъуыддæгты тыххæй. Фæлæ нал бакусдзынæн, зæгъгæ, зæрдæйæ нæ зæгъы. Цалдæр боны размæ дзырдтам нæ пълантыл. Ацы аз дæр иумæ кусдзыстæм. Æртæ фондзысоæдз гектары райсын ис нæ зæрды, нæ бон бауыдзæн уы- доны комплексон механизаци скæнын... П'у- зикыл уæ зæрдæ ма фæхудæд... йæ мает æй дзурын кæны. — Уый афтæ у, бæргæ, фæлæ.;. — йæ ныхас æрдæгыл фескъуынгæйæ, арф ныуулæ- фыд Пузик æмæ рудзынгæй йæ цæстæнгас ахаста æнæкæрон быдыртыл. IV Ахицæн партийы Центрон Комитеты мартъийы Пленум. Æгас бæстæ йе 'ргом 133
аздæхта уый уынаффæтæм. Уыдон, уалдзы- гон сыгъдæг дымгæйау, æрбагуылф кодтой æмæ нæ зæххæй систой æмбыд æмæ хус хæ- тæлтæ. Егъау уисойæ мæрзын райдыдтой, хъæууонхæдзарады цы бырæттæ, сæмбырд, уыдоны. Сыгъдæг дымгæ бакалд æнæрынцой трак- тористтæ Хъазбег æмæ Пузиччы зæрдæтæм дæр. Æрсабыр сын кодта сæ мает. Сбадты- сты та сæ æфсæн бæхтыл. Уæртæ сæ ногæй аскъæрдтой сæ колхозы быдырты. Арф фæл- дæхт зæххытæ сатæгсау адардтой сæ фæдыл. Нал æнцайы сæ домбай тракторты моторты нæрын. Уартæ Пузик лæууы йæ тракторы уæл- хъус. Уалдзыгон дымгæ • йын хъазы йæ сæрыхъуынтæй. Суанг йæ рæмбынкъæдзтæм батылдта йæ дыстæ. Йæ хурсыгъд цæсго- мыл зыны цавæрдæр циндзинад. Цæуыл у абон афтæ хъæлдзæг æмæ куыстмондаг? Æмæ æнкъард та цæмæн хъуамæ уа, æниу? Ногæй йын æрцыд фесгуыхыны фадат. Ныр уæндондæрæй цæудзæни размæ. Ныр æн- дæр æгъдау уыдзæн йæ куыстæн. Уæртæ йæ къурткæйы дзыппы дары мартъийы Пленумы уынаффæ. Уым алцы дæр бæлвырд фыст у. Пузик æндон хохау æрлæудзæн, уыцы уынаффæты сæрты чи хиза, уыдоны ныхмæ. Хъазбег дæр афтæ. Кæсут, куыд парахатæй улæфы уалдзыгон быдыр! Куыд дзæбæх сыр-сыр кæны быдираг хъал дон! Кæцæйдæр та æрбай- 134
хъуысти зарæг, фæлмæн зарæг. Зæрдæйыл æмбæлынц йæ фæлмæн зæлтæ. Рæхджы зæх- хыл йæ цъæх-цъæхид пæлæз æрæмбæрздзæн нæ быдырты бардуаг æмæ фидауц — нарт- хор. Дыууæ æфсымæры цæстытыл ныридæ- гæн дæр уайынц саухалыг æвзартæ æмæ цъæх квадраттæ. Æз хъусын зарæг. Цы дзæбæх фидауы! Ысфæйлау мае зардмæ, Нæ быдырты цъæх! Цæудзыстам та дардмæ, Гъей, фезмæл, мæ бæх!.. Уый быдираг зарæг у, царды, зæххы, адæймаджы зæрдæйы зарæг у. Лæмбынæг æм хъусынц дыууæ æфсымæры. Абон æй афтæ хъæрæй нæма кæнынц, фæлæ йæ рай- сом сисдзысты бæрзонддæр, сисдзысты йæ, æмæ йæ айсдзæн æнæхъæн зæхх. Хъусдзы- сты йæм коммунизммæ бырсæг адæм. Ысфæйлауы мæ зардмæ Нæ быдырты цъæх!.. 1962 аз.
ЗÆЖЖ æн фæндыд уыцы бон зыбыты иунæгæй арвитын æмæ райсомæй раджы мæхи айстон Мырткæджын къохмæ. Нарæг къахвæндаг мæ йæ фæдыл сайдта даргъ атагъайы, Терчы былгæрæтты дæлæмæ. Фæстиау аззади Мæздæг. Сæууон мнгъау ыл æрбадти фæлм æмæ. мæм дзæбæх нал зындысты йæ ныллæг хæдзæрттæ. Зæхх раджы æрæмбæрзта ,бæзджын кæр- дæгæй. Бæлæстæ æрæхгæдтой ногдзыд ,сыф- тæртæй, ракалдтой дидинæг. Æрдз улæфы цардæгас адæймагау. Змæлынц йæ домбай тугдадзинтæ æмæ дзы? фынккалгæ хæххон донау, æнхъæвзы царды сой. Зæхх... Æз ыл уынын алцыдæр. Уартæ йыл «мæл- дзыг уаргъимæ фæцæуы». Мæнæ мæ къæх- ты бынæй фæсыффытт ласта кæрдæгхуыз гæккуыри. Мæ алыварс тыбар-тыбур кæ- нынц дидинджытæ. Æнахъом сывæллонау худынц сæ гыццыл цæстытæй, дымгæ сын хъазы сæ дари сыфтæй. Сæ сæрмæ, гуыв- гуывгæнгæ, зилдух кæнынц фæныкхуыз мы- т 136
дыбындзытæ. Мыдыбындз... Уæртæ та йæхи ныллæг æруагъта зæххы фидауцмæ. Æрбад- тис ыл. Хæрдмæ систа йæ тæнæг базыртæ. Дидинæг æм хъазы, — Бонджын у мыдæй. Мыдыбындз дæр нуазы Царды хос зыдæй... Æз æм кæсын æмæ хъуыды кæнын: дис- саг та куыд нæ у зæхх!.. Цыдæриддæр гуы- ры æмæ æвзæры, йæ къæхтыл цæуы æмæ йæ базыртæй тæхы, хилы æмæ ленк кæны — иууылдæр нæ дарæг зæххимæ бает сты. Аф- тæ ацы дидинæг дæр. йæ лыстæг уидæгтæй ныддæвдæг зæххыл. Иæхи дзы фæлынды рæсугъд дарæсы. Йæ чысыл къуекмæ дзы æмбырд кæны алæмæты хойраг-мыд æмæ дзы рæдауæй хынцы йæ буц уазджыты-мы- дыбындзыты. Фæлæ йæ сыскъуын зæххæй, æмæ æрбампылдзæн, алæзæрдзæн йæ рæсугъд дарæс æмæ никæйуал рæвдаудзæн, нал æм тæхдзысты мæнæ ацы мыдыбындзы- тæ дæр. Науæд мæнæ ацы бæлæстæ, кæнæ ацы уредæллагхъуыр зæрватыччытæ... Уалæ та цъыллинджытæ кæнын систой арвы цъæхы. Нал æмæ нал æнцайынц сæ цъыбар-цъыбу- рæй. Алыхуызон хъæлæсæй ныззарыдысты уалдзыгон мæргътæ. Змæлы къох. Адæй- магмæ афтæ кæсы, цыма ацы диссаджы рай- сом алы бæласы къалиу дæр фестади æну- 137
сон фæндыр æмæ зары æнæбаицайгæйæ. За- ры... Æз не 'мбарын уыцы зарæджы ныхæс- тæ. Уæдæ мын йæ фæлмæн зæлтæ цæмæн æвналынц мæ зæрдæйы уидæгтæм, мæ риуы мын цæмæн гуырын кæнынц судзгæ æнкъа- рæнты денджыз, афтæ бæрзонд мæ цæмæн сисынц сæ базыртыл? Сисынц мæ загътон? О, нæ!.. Æз фидар лæууын ацы зæххыл... Лæууын пæлæхсар мырткæ бæласы бын æмæ мыл, миты гæлæ- бутау, згъæлынц йæ рæсугъд дидинджытæ. Лæууын æмæ хъусын æрдзы фæндыры цагъдмæ. Уæнгты æнхъæвзы туг. Цавæрдæр æндон хъистау зыр-зыр кæнынц буары норт- тæ. Фæлæ æрмæст иу цъусдуг фæиртас уыцы зарæггæнджыты зæххæй, æмæ ныттæгæлтæ уыдзысты се 'мбисонды уадындзтæ, ба- мыр, багомыг уыдзысты сæ фæндыртæ... Зæххæй сыскъуын бæлæсты æмæ ардыгæй изæрмæ æрбайсæфдзæн сæ рæсугьддзинад... Дардæй мæм æрттивынц Кавказы митсæр хæхтæ æмæ цъититæ. Зæххыл лæууынц æмæ зæхмæ фæлгæсынц уыдон дæр. Фæлæ сын бакъах сæ бынтæ æмæ æрызгьæлдзысты, цæггай аскъуындзæнис, кæрæдзиуыл сæ афтæ æнгом æмæ фидар чи бæтты, уыцы рæхыс... Уартæ мæ бакомкоммæ иу чысыл обауыл бады чидæр. Дзагцæстæй фæлгæсы йæ алывæрстæм. Цы ми кæны ам? Уæд та йæм бацæуин? Æмæ кæд уый дæр æрдзы тугда- 138
дзинты змæлдмæ, мæргъты зарджытæм æмæ бæлæсты сабыр сыбар-сыбурмæ хъусы мæн хуызæн? Фæлæуу, æмæ йæхæдæг дæр заргæ куы кæны, æнхъæлдæн?.. Æмæ зарæд. Æз ацæудзынæн йæ иуфæрсты. Ницы йæм сдзурдзынæн, нæ йæ бахъыгдардзынæн., Суанг ма йын «дæ райсом хорз» дæр нæ зæгъдзынæн. Бадæд æмæ хъуыды кæнæд йæхи фæндийаг. Мæн дарддæр цæуьш хъæуы. Быдираг дымгæтæ кæм хъазынц, фо- сы дзугтæ кæм ахæлиу сты æмæ трактортæ, æфсæндзых уæйгуытау кæм змæлынц, уыр- дæм мæ сайынц мæ хъуыдытæ. Цæмæй æв- зæрдæр у ног конд зæххы тæф дидинджыты тæфæй, кæнæ фиййауы уадындзы цагъд мæргъты .зарджытæй? Уартæ Терчы фаллаг фарс змæлынц уыцы домбай трактортæ, дæ- лæ чысыл дæлдæр ахæлиу сты бæзджын дзугтæ ,æмæ рæгъæуттæ... Æмæ атындзыдтон размæ. Фæзылдтæн обауы иувæрсты. Мæ къахы бын цыдæр хус къæцæл фæци æмæ ныкъкъæрцц кЪдта. Лæг фæкаст мæнырдæм. Исдугмæ джихæй аз- зади. Æз æм ницы дзурын. Фæсабырдæр кодтон мæ цыд. Аивгъуыдтон обауæй. — Дæ фæндаг раст, æфсымæр, — ацах- стой мæ хъустæ. Æрлæууыдтæи. Фæкастæн фæстæмæ. Зæ- ронд лæг мæм нымдзаст. Цыдæр фæлмæн худт мæм бакодта. — Дæ хъуыддаг раст, — дзуапп ын рад- тон æрæджиаугомау. 139
— Дард цæуыс? — — Уартæ уыцы фиййæуттæм, кæнæ та трактористтæм.*. — Хорз, мæ хур, хорз... Дыминаг дæм цы разына? Æз æм баздæхтæн. Систон бапъирозты пачкæ æмæ йæм æй бадаргь кодтон. — Мæрды рох мыл бахæцыд, — бапъи- роз исгæйæ загъта уый. — Мæ тамакодон мæ байрох. Кæд дын рæстæг ис, уæд уал æрбад. Дæ фæллад суадз. Бон даргъ у... Æвæццæгæн ардыгон нæ дæ? — Нæ дæн... Хъуыддаджы фæдыл æрæф- тыдтæн ар дæм. — Хорз, мæ хур, хорз, — тамакойы фæз- дæг адджын улæфт скæнгæйæ æмæ йæ йæ ихсыд бурбын дæндæгты æхсæнты фæстæ- мæ рауадзгæйæ, ногæй загъта зæронд лæг. Иу цасдæр абадтыстæм æнæдзургæйæ. Раздæры хуызæн къохы зылангæй зарыды- сты мæргътæ. Хур тынгдæр æрæндæвта. Ногъайаг быдыртæй æрбаулæфыд хус æмæ хъарм дымгæ, ахъазыдис ногдзыд кæрдæ- гæй, бæлæсты къалиутæй æмæ йæхи аиста хурныгуылæнырдæм. Зæронд лæг ницы дзу- ры. Ницæмæй йæ фæрсын æз дæр. Уый йæ цæстæнгас хæссы æнæкæрон быдыртыл. Иæ цæсгомыл куыд зыны, афтæмæй йæ сæры хæлбурцъ кæнынц цавæрдæр хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ. Æппынфæстаг æз мæхи нал баурæдтон æмæ йæ бафарстон: — Æмæ ды дæхæдæг ардыгон дæ? 140
— Ам райгуырдтæн, Мæздæджы... Цып- парссæдз азы размæ... Мæ фыдимæ дзы ацардтæн æнусы цыппæрæмхайы бæрц. Гъе стæй мæнæ ацы атагъайы фæмард абыр- джыты къухæй... Зæронд лæг йæ ныхас фескъуыдта. — Дыминаг ма дæм ис?.. Бахатыр кæн... Мæрды рох мыл .бахæцыд... Æз æм ногæй бадаргъ кодтон бапъирозты пачкæ. Уый дзы цалдæр систа. йæ дзыппы цыдæр ацагуырдта, фæлæ дзы ницы ссард- та. Ныуулæфыди йæ къæхты бынæй: — Лулæйæ дымыныл сахуыр дæн æмæ... Мæрды рох мыл бахæцыд... Куыд æй бамбæр'стон, афтæмæй- сæхимæ ферох кодта йæ лулæ æмæ йын ныр бапъи- розтæ ницы ад кодтой, фæлæ та дзы уæд- дæр иу сдымдта æмæ дзырдта дарддæр: — Амардтой мын мæ фыды. йæ дыууæ бæхы та йын ласгæ акодтой. Æз та æрыгон уыдтæн, иунæг. Ныууæй кодтон мæ хæдзары къуым, ныууагътон мæ зæххы гæппæл. Фæ~ цыдтæн цæуæнты, фæхаттæн хæтæнты... Æмæ уый даргъ хабар у. Цыбыртæй радзу- рын дын æй мæ бон нæу, Фæлæ революцийы фæстæ æвзæр нæ рауад мæ цард. Бинонтæ æрхастон. Цот нын рацыд — дыууæ лæп- пуйы æмæ æртæ чызджы. Чызджытæ раджы амардысты. Лæппутæ слæгтæ сты. Фæлæ ацы фыдбылызы хæст... Байсæфтысты уым. Райгуырæн зæххы сæраппонд. Æз мæ зæ- рондимæ иунæгæй баззадтæн Владивосток- 141
мæ хæстæг иу чысыл хъæуы. Дыууæ уды къоппайæн цастæ хъæуы? Цæмæй цардаик- кам, уый нын уыдис. Пеней нын рацыд. Фсг- лæ Райгуырæн зæхх... Куыд адджын, куыд зынаргъ у! Фæстаг азты æдзух дæр мæ цæстытыл уадис мЧæздæг. Гъемæ ныффæнд кодтон мæ зæронд стджытæ мæ райгуырæн бæстæмæ фæхæссын. Бирæ нал фæцæрдзы- нæн æмæ мæ уартæ уым, мæ фыды ингæны фарсмæ куы баныгæной, уæд мын æнцон- дæр уыдзæн. Райгуырæн зæхх... Бирæ азтæ сæ карз уылæнты æнæхатырæй кæй фæрахæсс-бахæсс кодтой, эецæгдзина- дæй ахæм адæймаджы хуызæн уыд мæ ног зонгæ. Сæрыхъуынты иу сау æрду нал баз- зад. Цæсгомы арф æнцъылдтæ зынынц чысыл къардиутау, фæлæ ма уæддæр йæ рнуы æндавы кæддæры цæхæр...Йæ цъæхбын цæ- стыты сыгъдис цардбæллондзинад æмæ кæд мæлæты кой скодта, уæддæр æй нырма ацæ- рын кæй фæнды, уымæн æвдисæн уыдис йæ дарддæры ныхас... — Цæй, фæйнæ та дзы бадымæм, — загъ- та уый. — Мæ цахъхъæнæй адæймагмæ ал- цыдæр хъыг фæкæсы. Зæронд лæг сывæлло- нæй уæлдай нæу. Лæгьз æмæ рæвдыд ныхас уарзы. Ома мæ исчи истæмæй бафхæрд- та, уый охыл дын æй нæ зæгъын. Фæлæ мæ алыхатт-алыхатт загъд-заманайы бын фæ- кæны нæ зæронд. Ныхъхъæбæр, дам, дæ æмæ дын, зæгъы, дæ бын бахъарм кæнын афон у. Æмæ дæм цае раст кæсы уый? Ны- 142
ры бон афæдзы дæргъæн у. Чи фæразы хæ- дзары бадын. Ау, æз ницæмæнуал бæззын? Ницыуал хъом дæн, никæйуал хъæуын? Куыд нæ мæсты чындæуа нæ зæрондмæ? Абон райсом дæр та мын мæ хъуын ацагъ- та. Мæ мæгуыр зæрдæйæ сфæнд кодтон фер- мæмæ фæцæуын. Уым, зæгъын, истытæ ар- хайдзынæн æмæ мыл пъæззы нæ баддзæн. Уый мæм ныууырдыг. Дæ зонд, дам, дзæ- гъæлтæ кæнын байдыдта. Кæд, зæгъы, афтæ кусын мондаг дæ, уæд мæнæ дæ хæдзары истытæ архай. Зæронд лæг æнæнхъæлæджы бахудт йæ мидбылты. Сæрттывтой йæ цъæхбын цæсты- гæ. Тамакойы бæзджын фæздæг рауагъта йæ дзыхæй. — Цæуыл худын, уый зоныс? — Нæ зонын... — Кæддæр мын иу сыхаг уыдис. Панкрат хуынди. Зыдыка. Æфсис ницæмæй зыдта. Кæрчытæ-иу сæ бадæнтæй нæма ратахты- сты, афтæ-иу Панкраты хъæр æгас хъæуыл айхъуыст: «Гъе, сырыты бинонтæ, мæрдфы- нæй баистут, æви цы?! Æддæмæ ракæсут, иу дæр уæ мауал баззайа, хур зæххыл атылди, арвы дуар фегоми æмæ дзы сызгъæринтæ хауы». Æддæг-мидæг-иу ауадысты бинонтæ. Стырæй-чысылæй-иу ракалдысты кæртмæ. — Цæй, цы кусæм, баба? — Уартæ уыцы дурты цæнд фæскъулмæ хæсгæут. — Ныр та? 143
— Ныр та йæ фæстæмæ йæ бынатмæ æр- бахæссут. Афтæ алы бон дæр. Уæд, дын, æй иухатт куы бафæрсин: — Дæ хорзæхæй, Панкрат, уыцы дурты иу ран цæуылнæ ныхъхъуытты уадзыс, цæ- уыл хурхæй марыс дæ бинонты? Уæд мын уый афтæ зæгъы: — Ды ницы 'мбарыс, Петро... Адæймаг хъуамæ исты архайа, науæд фæгобан, фæо- цани уыдзæн, æмæ йыл уый фæстæ æрхæц- схæц кæн... Оцани бæх цавæр у, уый та дæ- хæдæг хорз зоныс... Петро йæ худæг нал урæдта, афтæмæй дарддæр кодта йæхи хабæрттæ: — Абон раджы фестадтæн... Мæхи арæвдз кодтон, цон æмæ, зæгъын, колхозæн исты ах- хуыс кæнон. Æмæ мыл уыцы дæлимон йæхи цъиуджын карчы цæф ныккодта. Колхоз, зæгъы, кæд де 'ххуысмæ æрхаудта, уæд, дæ- лæмæ ныххауæд. Æмæ уæдæ мын, зæгъын, цы кусын кæныс? Цы куыст ис хæдзары? Иу хъуг мæм уыдис æмæ дзы мæ сæрæй ра- фæлмæцыдтæн. Æхсæвæй-бонæй йын йæ бын мæрз, хæринаг ын дæтт. Æмæ мæ хъæугæ та кæцырдæм кодта? Æмæ йæ æз дæр колхоз- мæ радтон, мæ зæронды фæрсгæ дæр нæ ба~ кодтон, афтæмæй. Мæ къух систон мæ цæ- хæрадоныл дæр. Армы тъæпæны йас гæп- пæл ма дзы ныууагътон исты халсартæ æмæ дидинджытæ асадзынæн. Æмæ мæ абон рай- сом ме 'фсин куы судтыл кодта, уæд ын аф- 144
тæ зæгъын: уæддæр мæ, зæгъын, ам цæмæ лæууын кæныс? Æви Панкраты дурты цæн- ды хуызæн кæрты къуымты дæу мæ хъæбы- сы радав-бадав кæнон? Æмæ дæ, зæгъын, æнæуи дæр мæ цæстытæ хæлмаг кæнын куы райдыдтой. Гъемæ, зæгъы, кæд дæ ■ цъæх цæстытæ мæ уындæй хæлмаг кæнынц, уæд дын рахауæнт. Ацу, кæдæм дæ фæнды, уыр- дæм. Хуыцау, дам, дæ таппызайраг бакæ- нæд. Æз дæр мæхи стæргайхуыз кодтон æмæ рафардæг дæн... Зæронд лæг раджы дымд фæци йæ тама- ко, æмæ æнцадгай сыстади йæ бынатæй.- Йæ рахиз къухæй хураууон акодта йæ цæсты- тæн æмæ лæмбынæг байхъуыста, дымгæ . тракторты моторты уынæр кæцæй хаста, уыцы рдæм. . . — Нæ колхозы трактортæ сты, — загъта Петро, — раздæр кæрдæг тыд . кæм уыдис, уыцы зæххытæ фæлдахынц æмæ дзы нартхор тауынц. Хуыцауæй дын ард хæрын, раст бауынаффæ кодта парти, тынг раст. Искуы дæр ма уый æрцыд, æмæ ай хуызæн зæххытæ хæмпæлстон скæн! Цæй, цон, æз сæм ба- кæсон. Арæх вæййын нæ - трактористтæм. Æмæ мæ бон цастæ у, фæлæ сын уæддæр кæм дон æрбаласын, кæм сын хæринаг кæ- нынæн суг æрсæттын, кæм та хуымы кæрæт- тæм дæр азилын. Сæ разы чысыл цæхæра- дон йс. Мæймæбулчъытæ æмæ сын дзы хъæдындзтæ ныссагътон æмæ сæдо ныр мæ- хæдæг фæзилын. Гъе стæй адæймаг кæм 10 Цæудзыстæм та дардмæ 145
цæра, уым рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзи- над дæр хъæуы. Станы алывæрсты зама- найы дидинджыты мыггаг байтыдтон. Бæ- лæстæ дæр дзы ныссагътон æмæ ай хуы- зæн рæстæг æнæдонæй куы аззайой, уæд фæкъуырма уыдзысты... Зæхх зæхх у, æмæ дзы хъуамæ иунæг уылынг дæр æнæпайдайæ ма лæууа... Гъе ныр ма мын, дæ рын бахæ- рон, иу тамако куы раттис... Бахатыр кæн, уазæг дæ æмæ дæ мæ дзæгъæл ныхасæй сфæлмæцын кодтон... Петро та сдымдта тамако æмæ уæззау, фæлæ фидар къахдзæфтæй араст нарæг къахвæндагыл. Фæлæ дзы цыма обауыл цы- дæр ферох, уый хуызæн æнцадгай разылдис фæстæмæ æмæ сдзырдта: — О, хæдæгай, кæд дын, миййаг, фысым нæй, уæд махмæ саккаг кæн. Кæд мæ уыцы дæлимонимæ дæр бафидауын кæнис, нæ зæ- рондæй дын зæгъын... Кæд мæныл йæ пырх акалы, уæддæр йæ зæрдæ фæлмæн у, уазæ- гæн хорз у... Зæронд лæг йæ уæхсчытыл æрбаппæрста йæ тæнæг тарбын къурткæ æмæ арасти дарддæр. Æз кæсгæйæ баззадтæн йæ фæ- дыл æмæ хъуыды кодтон нæ диссаджы зæхх æмæ адæмыл. * * * Зæхх... Цас туг, цас хид ныккалди зæххыл! Ми- луангай фæлтæртæ раивтой кæрæдзи, фæлæ 146
зæхх баззади уыцыиу хуызæнæй—адæмы уарзонæй æмæ дарæгæй. Дзурын куы зонид, уæд нын бирæ диссæгтæ фæдзурид зæхх. радзурид нын, нæ дард фыдæлты, мах кæ- мæй равзæрдыстæм, незаманты йæ цып- пæртыл чи цыд, уыдоны дæр куыд дардта æмæ куыд урæдта, уыдæттæ. Радзурид нын... Дыууæ боны размæ фæсизæр æз бафтыд- тæн Веселовскы хутормæ. Уым фылдæр ирон адæм цæрынц. Раджы ралыгъдысты хæхбæстаэй. Зæронд адæм ма ныр дæр сæ зæрдыл хорз дарынц, сæ заманы зæххы гæп- пæлыл, хъæдын дзывыры иунæг хаххыл се 'хсæн цытæ цыдис, уыцы хабæрттæ. Æмæ сæ дзургæ дæр арæх фæкæнынц. Уыцы изæр дæр та сыл дзырдтой ныхасы бадгæйæ. Æз иуварсырдыгæй бадтæн хуымæтæджы на- рæг фæйнæгæй конд бандоныл æмæ сæм хъуыстон лæмбынæг... Хъæуы клубы уыдис цавæрдæр хъазтизæр. Электрон цырæгътæй рухс уынгты фæсивæд чыргай цыдысты уырдæм. Уалдзыгон дымгæ клубы гом рудзгуытæй хаста ирон фæнды- ры цъæхснаг зæлтæ æмæ æмбисонды зар- джыты мыртæ. Зарæг... Уый «Чермены» за- рæг куы у, Хъобаны æлдæртты зæххытыл йæ дзывыры фындзæй сæрибары хахх чи акод- та, уыцы Чермены зарæг. Тылаттатæ байуæрстой æрнæджытæ, гæмæхтæ. Черменæн хай бакодтой цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ... 147
Стæй дзы чидæглфæндыры цагъдмæ систа æндæр зарæг. Систа йæ æмæ йæм æмхуызо- нæй бахъырныдтой фæсивæд. Мæ хъустыл дзæбæх уайынц йæ ныхæстæ, йæ рæсугъд мелоди/ Мæздæджы быдыр, лæгъзвæтин бы дыр, Бæркады суадон, нæ риуты гуыдыр, Нæ хъазæн быдыр, нæ хъæздыг къæбиц, Нæ цæстыты рухс, нæ рæсугъд бæллиц... Уыцы зарджытæм хъусгæйæ, адæймаджы цæстыты раз слæууы дыууæ дунейы: иу ду- не — йæ сау нымæты тыхтæй, йæ тугæй- дзаг цæстытæ æмæ цыргъ дзæмбытимæ. Уыцы дунейыл дзурынц ныртæккæ дæр ны- хасы бадæг зæронд лæгтæ. Мæнæн ме уæнг- тæ джебогътау рæхойы зæронд дунейы гуы- миры хъæлæс: «Искæмæй фæтуджджын ' дæ — туджы фынгæн æрæвæр зæхх—хуым, кæнæ уыгæр- дæ'н...» «Ус курын дæ фæнды — бафид^ уæззау ирæд, зæхх — хуым, кæнæ уыгæрдæн..:» ' «Саргъы бæх дæ хъæуы — бафид ын йæ аргъ-— кæуыл лæууы, уыцы зæххы гæп- пæл...» Зæхх... Бинонты дарæг, сабиты æхсыры хъуыртт æмæ кæрдзыны къæбæр... Сæ хъуы- рæй сын æй сыскъуын мады дзидзииау æмæ мыггагмæ баззайдзысты мæгуыр æмæ тæз- зыккæй, сидзæртæй... 148
— Æнæ мад æмæ фыдæй сидзæрæн уы- дис быхсæн, фæразæн, фæлæ зæххæй сидзæ- рæн... Гъей, Гæдо, уымæй бæллæхдæр æмæ уæззаудæр та цы уыдис мах заманы? — йæ ныхас балхынцъ кодта таурæгъгæнджытæй чндæр... Фæлæ та уыцы минут клубæй райхъуыст фæндыры цагъд. Ногæй та ныййазæлыды- сты рæсугъд зарæджы зæлтæ: Мæздæджы быдыр, лæгъзвæтин быдыр, Нæ хъазæн быдыр, нæ хъæздыг къæбиц... Æмæ уыцы зарæджы домбай зæлтæ сæ быны аууæрстой зæронд дунейы гуымиры хъæлæсы. Мæн сæ базыртыл систой æндæр æнкъарæнтæ æмæ мæ ахастой Терчы-Ку- майы къанауы былтыл, Павлодольскы ста- ницæйæ ногъайаг змисджын быдыртæм. Ныртæккæ изæр у. Мæ алыварс мæйдары аныгъуылдысты колхоз «Сырх Ирыстоны» быдыртæ. Æз сыл фæзылдтæн абондæргьы. Фæлæ та мæнæ ныр дæр уыцы рæсугъдæй æмæ нывæфтыдæй слæууыдысты мæ цæсты- ты раз. Мæ цæстыты раз домбай тулдз бæ- лæстау лæууынц, къанауы цур цы аст лæп- пуйы лæууыд, уыдоны сурæттæ дæр. Цып- пар трактористы æмæ цыппар звеноводы. Сæ хурсыгъд цæсгæмттыл хъазынц хуры тынтæ. Сихоры фæлладуадзæн рæстæг сын у æмæ кæрæдзийы донæй пырх кæныныл 149
сбæндæн сты. Нал æмæ нал æнцайынц сæ худт æмæ сæ хъæлдзæг уынæрæй. «Кусын æмæ хъазынæй куыннæ æфсæ- дынц», — ахъуыды кодтон æз уыдонмæ кæс- гæйæ. Адæймаджы буары тугдадзинтау уы- дон анывæзтой зæххы уæрæх цæсгомыл дон- уадзæн лыстæг къанæуттæ. Уыдонæй фе- хъуыстон æнæфæцудгæ æмæ æндонау фидар ныхас: «Нæ зæххæй сисдзыстæм æртывæр тыллæг!» — Куыд? Æртывæр тыллæг? Цæмæй? Кзердæджытæй? — Цæмæн кæрдæджытæй? Нартхорæй, мæнæуæй, хъæдурæй, æхсынæнæй... — Нартхорæй, мæнæуæй, хъæдурæй, æхсынæнæй... — бынтон сабырæй загътон æз. Мæздæджы быдыртæ рагæй хъуыстгонд сты. Суанг ма нæ фыдæлтæ дæр ардæм цыдысты сырх мæнæу ласынмæ. Мæнæ ам кæмдæр, быран кæй хуыдтой, уым кæддæр сæ бæхтæ хизынмæ суагьтой ирон цæхæрцæст лæппу- тæ. Сфæнд кодтой сæ лæгдзинад бавза- рын — ивылд Терчы аленк кæнын æмæ дзы иу — Дзуццаты «хъал Дзиго» бабыни—нал сыздæхт йæ ныййарджыты, йæ рæсугъд хоты æхсæнмæ. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ мæнæн, цæмæдæр гæсгæ, ацы бон м.æ хъусты æнæсцухæй зыланг кодтой Дзигойы зарæджы зæрдæхалæн ныхæстæ. Цæмæн ыл æрцыд ахæм бæллæх? Кæд æцæг хъал æмæ сæрыстыр уыд? Кæд æй йе 'мбæлттæй уæлдæр уæвын фæндыд? 150
Нæ! Йæ хъалæй нæ рараст ирон дард хъæуæй Дзиго Мæздæгмæ. Æндæр гæнæн ын нæ уыд. Мæгуыр æмæ йæ тыхст цард рарвыстой ахæм фæндагыл. Тыхст æмæ мæгуыр цард та зылдысты æнæзæхх адæмы фæдыл... Ныр та ацы стыр зæхх адæмæн æмхуызон хæзна у. Мæн уырны, æртывæр тыллæг дзы сисæн кæй ис, уый. Æз уынын æхсынæны æмæ хъæдуры стыр тъæпæнтæ æмæ сæ ныр- рухси мæ зæрдæ. Уалдзыгон дымгæмæ фæй- лауынц мæнæуы цъæх-цъæхид æвзартæ. Хорз фидауынц зæххыл, хорз сæ фидауы зæхх йæхæдæг дæр. Фæлæ йыл рагæй-æрæгмæ ницы рæвдыд æййæфта нартхор. Хæрз чысыл гæппæлтæ ахстой нартхоры хуымтæ ацы хъæздыг бы- дырты. Уый хыгъд дзы мингай гектарты ди- динæг æфтыдтой таугæ кæрдæджытæ. Зæхх хъæрзыдта уыцы кæрдæджыты æнуд хъæц- цулы бын, афтæмæй дзы колхозтæ пайда та уæвгæ ницы истой. Афтæ уыд дæс азы размæ. Афтæ уыд тæк- кæ фарон дæр ма. Дæс азы размæ... Æмæ уæд ам бæмбæг дæр тыдтой. О, бæмбæг, æмæ Ирыстоны цæрджытæ фыццаг хатт фехъуыстой ног дзырдтæ: «урс сызгьæрин». Æгæр уæззау уыдис уыцы «урс сызгьæрин» Мæздæджы зæххæн. Цъырдта йын йæ астæуы магьз, агуырдта дзы бирæ буц митæ. Фæлæ зæххæн йæ бон нæ уыдис «хæддзу уазæгæн» 151
ахæм буц митæ кæнын, йæ хъæздыг къæби- цы фаг хойраг нæ разынд уымæн. Æмæ йæ аппæрста иуварс. Суæгъди зæхх уæззау хъадамантæй, сулæфыд йæ риуы дзаг. Фæ- лæ раздæры бæмбæджы быдыртыл ногæй æрæнцад æндæр уаргъ, «цъæх пъæззы» — таугæ кæрдæджытæ. Гъе, фæлæ фæстаг дыууæ азы «сæ хуы- цау» рахатти кæрдæг—быдырон ивгæтыдты хъузæттыл. Партийы Центрон Комитеты мартъийы Пленум йæ уидæгтæм сæнкъуы- сын кодта Вильямсы теорийы. йæ бындур ныззылд уыцы теорийæн. Фæлæ ма йын ныр дæр ис «уæрагсаст» фарслæуджытæ суанг районы алы колхозы дæр. Цалдæр боны размæ колхоз «Сырх Хъыз- лары» уыдис колхозонты иумæйаг æмбырд. Ныхас цыд, зæххæй куыд хуыздæр спайда кæнын хъæуы, ууыл. Иууылдæр растыл нымадтой1 Центрон Комитеты мартъийы Пленумы уынаффæтæ. Æмбырды кæрон бадтис колхозы агроном. Уый йæ сæр дæ- лиау æруагъта, афтæмæй хъуыста ныхас- гæнджытæм. Чидæр бахаста ахæм фæндон: — Ныр уалдзæг у. Зæхх æнхъæлмæ нæ кæсы. Рæстæг ивгъуийы. Хуым кæныны хуыздæр афонтæ цæуынц, фæлæ нæ кæрдæ- джыты хуымтæм æвнæлд нæма ис. Куыд зы- ны, афтæмæй нæ колхозы хицауады нæ фæн- ды уыдонмæ сæ къух бакæнын. Фæлæ хъуа- мæ абон мах рахæссæм нæ уынаффæ: а- дыууæ боны фæлдæхт æрцæуæнт бирæазон 152
кæрдæджыты зæххытæ æмæ дзы байтауæм нартхор. Агроном скатай йæ мидбынаты. Уый нæ фæндыд исты радзурын, фæлæ æмбæрста, адæм уымæ кæй кæсынц æмæ сын дзуапп раттын кæй хъæуы, уый. Фæлæ сын цы дзуапп радта? Уый кæддæриддæр фидарæй хæцыд кæрдæг-быдырон ивгæтыдты фарс. Афтæ нымадта, цыма кæрдæг куынæуал тауой, уæд зæхх смæгуыр уыдзæн æмæ дзы хор нал зайдзæн, фосдарыны куыст ныкъ- къуылымпы уыдзæн. Бирæ азты дæргъы йæ зонгуытыл бадт Вильямсы чингуыты цур æмæ сæм куывта хуыцаумæ кувæгау. Æмæ йæ туджы инджынау чи бацахст, йæ сæры магъзы чи сгуппар, уыцы уагæвæрдтыл ныр йæ къух афтæ æнцонæй сиса? Нæ, афтæ ба- кæнын йæ бон нæу. Иæ бон нæу æмбырды размæ æрлæууын æмæ афтæ зæгъын дæр: — Мæн нæ фæнды! Æмæ æппындæр куы ницы зæгъа, уæд та? Нæй афтæ гæнæн дæр. Чидæртæ йæм цал- дæр хатты æрбаппæрстой сæ ныхас: «Ды та цы зæгъыс? Дæумæ та цы фæнд ис?» Æмæ йæ бынатæй зивæггæнгæ сыстадис агроном, уæззау къахдзæфтæгæнгæ æрба- цыд размæ. Йæ цæстæнгас ахаста адæмыл. Цалдæр хатты схуыфыд æмæ ивазгæ хъæ- лæсы уагæй дзурын райдыдта: — Ам чидæртæ куыд дзурынц, хъуыддæг- тæ афтæ лыггæнгæ не 'сты. Нæ кæрдæджы хуымтæ иууылдæр афæлдахæм, зæгъгæ, йæ 153
удæй арт чи цæгъды, уыдон биноныг нæ ба- кастысты ЦК-йы Пленумы уынаффæтæ æмæ æмбал Хрущевы доклад... Хрущев йæ доклады иу ран афтæ зæгъы: «Иу цасдæр ныу- уадзæн ис кæрдæджы хуымтæй...» — Кæм æмæ цас? — æрбайхъуыст кæй- дæр хъæлæс. Адæм базмæлыдысты сæхи мидæг. Ныхас æппарæн систой арæхдæр. — Уæддæр цас ныууадзæн ис дæ зæрды уыцы кæрдæджытæй? — Цы дæтты фылдæр пайда: нартхор æви кæрдæджытæ? — Хрущев афтæ нæ зæгъы, æмæ мах хуы- зæн колхозы быдыртæн сæ цыппæрæмхай кæрдæджытæ ахсой! — Дидинджытæ чи уарзы, уый сæ йæ кæрты тауæд! Агроном ницыуал дзырдта. Адæм куы æрсабыр сты, уæд та ногæй райдыдта: — Махæн нæ бон æнæкæрдæгæй цæрын нæу! — Цæуылнæ? — Уымæн æмæ кæрдæджы нартхорæй фылдæр ис витаминтæ... Витаминтæ та æх- сызгон хъæуынц... — Фехъуыстам мах уыцы ныхæстæ. — Комкоммæ ма нын зæгъ: цал гектары конд ис нæ колхозы уыцы «зынаргъ» вита- минтæй? — Мин гектарæй чысыл фылдæр, — дзуапп радта агроном. — Хорз, кæд æнæ уыдонæй цæрын нæ бон 154
нæу, уæд сын ныууадзæм сæ дæсæймаг хай. Уый даср æгæр бирæ у. Иннæты хъæуы ба- хуым кæнын æмæ нартхор байтауын!.. Агроном сфæнд кодта колхозонтимæ йæ быцæу фæстæдæрмæ аргъæвын. Кæд йæ бон бауа, уæд фæстæдæрмæ аргъæвдзæн кæр- дæджыты хуымтæ афæлдахыны куыст. Рæстæг йæхионтæ кæндзæн. Бонтæ рауай- дзысты, нартхор тауынæн байрæджы уыдзæн æмæ та быдыртæ хъулон адардзысты кле- веры æмæ люцернæйы дидинджытæй. Фæлæ фæрæдыд. Дыккаг бон сæударæй механизатортæ фæлдахын райдыдтой «хæд- кæнгæ» нæуу зæххытæ æмæ сыл уыцы иу рæстæг аскъæрдтой тауæн машинæтæ... Витаминты сæрыл тохгæнджыты ныхмæ адæм сыстадысты иннæ колхозты дæр æмæ сæ хонын райдыдтой «витаминтæ». Худынц сыл æнæхатырæй алы ран дæр, мæнæ ам, колхоз «Сырх Ирыстоны» дæр. Нæ быдырты фидауц—нартхоры æвзартæ сæууон дымгæ- тæм сæ фæлмæн цъæх сыфтæ батилынц, уæлдæр цы аст лæппуйы кой кодтон, уыдо- ны зæххыты. Аст лæппуйы — цыппар трактористы æмæ цыппар звеноводы — Дулаты, Рубайты, Бицъаты цæхæрцæст лæппутæ æмæ иннæтæ... Ныртæккæ мæ цуры не 'сты. Фæлæ мæ цæстытыл уайынц сæ сурæттæ. Уынын сæ хъæлдзæгæй æмæ сæрыстырæй. Уынын сæ, кæд хуссайраг æхсæв æнæкæрон быдыртыл йæхи æмвæтæнæй æруагъта, уæддæр. Уынын 155
сæ трактортыл бадгæйæ, хуымтæм дон уадз- гæйæ æмæ абоны хуызæн кæрæдзиуыл дон- калгæйа1. Æмæ ахæмтæй фидауы зæхх дæр... Ахæмтæ сты зæххы æцæг хицæуттæ!.. * Партийы райкомы фыццаг секретарь Василий Васильевич Козлов уыцы бон йæ че- мы нæ уыдис. Райсомæй раджы æрбацыд йæ куыстмæ, йæ секретарæн бафæдзæхста: «Исчи мæ куы агура, уæд ам нæ дæн». Уыцы ныхæстимæ бахызт йæ кабинеты къæсæ- рæй æмæ йæхиуыл дуæрттæ сæхгæдта... Æз æй баййæфтон цавæрдæр гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кæнгæйæ. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йын не 'рбацыд æх- сызгон нæ уыдис, фæлæ уæддæр йæ цæс- гом нæ бахъæцыд уазæгыл бынтон йæхи атигъ кæнын. Уымæй размæ бон изæрæй мах фембæлдыстæм кинотеатры кæсæн залы æмæ баныхас кодтам райсом районы колхозы быдыртыл азилыны тыххæй. Ныр та мын загъта: — Нæ мæ равдæлдзæн... Мæ сæр схъил кæныны бон дæр мæ нæй... Ныр æртыккаг бон мæ къах быдырмæ нæма авæрдтон... Секретары цæсгом уыдис тар æмæ æнтъыс- нæг. Йæ риуы хæлбурц кодта цыдæр мает ■ æмæ йын æнцой нæ лæвæрдта. «Цымæ цæ- уыл афтæ стыхети?—ахъуыды кодтон æз.— 156
Районы хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц. Сæ- дæгай трактортæ æхсæвæй-бонæй нæрынц Мæздæджы лæгъзвæтин быдырты. Мингай колхозонтæ æмæ механизатортæ сæнкъуы- стысты хъæздыг тыллæгыл æмæ фосдарыны куыст сырæзын кæныныл хъæбатыр тохы. Фæлæ уыдон нырма фыццаг къахдзæфтæ сты. Егъау у район. Егъау сты, хъæууон хæдзарады кусджытæ ацы аз сæхимæ цы хæстæ райстой, уыдон дæр. Æмæ уыцы стыр хæстæй фæтарст райкомы секретарь? Уыдон ын тъыссынц йæ зæр- дæйы судзинтæ? Нæ, адæм цы сфæнд код- той, уый бафтдзæн сæ къухы. Дзыллæтæ размæ, ног æнтыстдзинæдтæм ахæсдзысты ерысы кадджын тырыса æмæ йыл сæ фæрнæйдзаг къухтæй бафысдзысты фæрнæйдзаг ног хъуыддæгтæ. Партион организацийы, коммунист™, фæ- сивæды бон бауыдзæн адæмы сæ фæдыл фæллойы ног бæрзæндтæм акæнын? Бауыдзæн, æнæмæнг бауыдзæн! Уæдæ цы кæны æмбал Козлов? Цæмæн у афтæ æрхæндæг, афтæ тыхст? йæ зæрдæмæ нæ цæуы зæххыты структу- рæ. Нырæй размæ районы колхозты быдырты иуазон æмæ бирæазон кæрдæджытæ тыд цыдис дæс мин гектарæй бирæ фылдæр. Уый уыдис хуымгæнды зæххытæн се 'вддæс проценты. Ныр ног хуызы рацаразын хъæуы зæххы куыст. Афтæ бадомдта Цент- рон Комитеты мартъийы Пленум. Æмæ Ва- 157
силий Васильевич уый ныхмæ ницы зæгъи- наг у. Фæлæ уыцы иу цæфæй куыд фехалæн ис зæронд хъуыддæгтæн? Æмæ сын уæд фехалæн та цæуылнæ ис, уæртæ сæ колхоз «Сырх Ирыстоны» æмæ «Сырх Хъызлары» куыд фехæлдтой, афтæ? Ис сын фехалæн, фæлæ «кæйдæрты» нæ фæнды. Чи зоны, æмæ уыцы «кæйдæртимæ» æнæуæлæмæ сдзур- гæйæ разы у райкомы секретарь йæхæдæг дæр. Фæлæ мæнæ районы фæзындис цавæр- дæр къамис. Уый къæмагурæгау кæны кол- хозты æмæ совхозты. Цытæ, дам, байтау- дзыстут ацы аз? Куыд, дам, спайда кæн- дзыстут уæ бирæ зæххытæй? Æмæ сын мæнæ нæ пълантæ, нæ фæндтæ, нæ нысантæ. Дыууæ æмæ æртиссæдз мин гектарьГнæм. ис хуымгæнды зæххытæ. Давгæ дзы ницы акодтам, æмбæхсгæ дæр ницы. Зæхх судзин нæу—уырыйы хуынчъы нæ ныххаудзæн. Мæнæ сын картæтæ, схемæтæ... Ахæм хъуыдытæ кæрæдзи ивгæ цæуынц Козловы сæры. Йæ цæстыты раз февзæрынц куы иу, куы та æндæр цифрæтæ. Æгомыг, мадзура цифрæтæ! йæ цæстæнгас фескъуы- ны иутæй æмæ аныхæсы иннæтыл. Иутæ йæ зæрдæйæн хæссынц æхсызгондзинад, иннæ- тæ та йын йæ буарыл бакалынц уазал дон æмæ ихæнриз скæны. Мæнæ та ныр дæр фемдзаст цавæрдæр гæххæттытæм. Йæ был- тæ базмæлыдысты: «Кæрдæджытæ, кæрдæджытæ... Уыцы фыдбылызы кæрдæджытæ... Уæд та авд 158
дæлдзæхы куы ныххауиккат...» «5276 гектары»,—æнæбары сдзырдта Василий Васильевич.— «Цъæх пъæззы», дам, «витаминтæ», дам... Æмæ цы! Зæххæн йæ бон алцы рат- тын дæр у... Алцыдæр ыл зайы...» Фæлæ уы- цы минут йæ цæсгом судзæгау скодта æмæ бамбæрста, кæй фæсырх, уый. Цæмæн? Æмæ гъа, цыма йæм къамисы уæнгтæ цы- дæр æнæууæнк каст бакодтой. Æмæ йыл æууæндгæ та цæуылнæ хъуамæ кæной? Ис- кæмæй сæ исты радавта? Василий Васильевич бады сындзытыл ба- дæгау. Цалдæр боны размæ кæмæйдæр фехъуыста Карл Марксы номыл колхозы æмæ æндæр рæтты æгæр бирæ байтыдтой сысджы, зæгъгæ. Ницæмæ æрдардта уæд райкомы секретарь уыцы хъуыддаг. «Сысджы дæр хъæуы... Уадз æмæ тауой... Цас диссаг у, колхоз йæ бæхтæн дæс-ссæдз гектары сысджы куы байтауа, уæд?» Дæс-ссæдз гектары. Нæ, ууыл нæ ныллæууыдысты бирæ колхозонты разамонджытæ. Кæрдæджы- тæ æмæ сысджы байтыдтой алы рæтты, чы- сыл гæппæлгай; цæст сæ цæмæй нæ ахса, ахæм хуызы. Фæлæ сæ къамисы уæнгтæ ба- зыдтой æмæ бадомдтой уавæр æвæстиатæй фендæрхуызон кæнын. Æмæ м^а ноджыдæр иу хъуыддаг. Фос- хизæнтæй æмæ æрдзон уыгæрдæнтæй цы æхсæз мин гектары афæлдæхтой, уыдон амынд не 'рцыдысты зæххыты хыгъды. Цæуылнæ, цæй тыххæй? Уыдæттæн дзуапп сса- 159
рыныл архайы ныр райкомы секретарь, фæ-! лæ сын нæ ары æмбæлгæ дзуапп. Нæ сын| ары, уымæн æмæ дзы комкоммæ йæхимæ дæр хауы азым. Зыдта сæ, зоны сæ... Агро- номтæй йын бирæтæ дзырдтой: «Фæфылдæр кæнæм нартхор, æхсынæн æмæ сæкæры цæ- хæрайы хуымтæ». «Нæ хъæуы... Æгъгъæд у», — дзуапп лæвæрдта уый. «Кæрдæджытæ? 5276 гектары..,» — Но- джыдæр ма йæхинымæры загъта Василий Васильевич æмæ та стъæлфæгау фæкодта. Цæмæн? Уымæн æмæ ма уыдоныл куы баф- тауæм, сводкæты амынд чи не 'рцыд, уыцы таугæ кæрдæджытæ, стæй сысджыйы хуымтæ, уæд... Уæд ма уыцы цифрæтыл бафтдзæн цалдæр мины... Алыхуызон сводкæтæм æмæ гæххæттытæм кæсгæйæ æмæ сыл биноныг хъуыды кæн- гæйæ, райкомы секретарь бамбæрста, зæх- хыты структурæйы, æцæгдзинадæй, дæлвæ- дзыг-уæлвæдзыг рæхсæнтæ бирæ кæй ис, уый æмæ мæсты кодта йæхимæ. Цæмæн æруагъта ахæм хъуыддаг? Цæуылнæ бакаст раст адæмы коммæ? Мæсты кодта, «къæм- дзæстыджы» йæ чи бафтыдта, уыцы кол- хозты разамонджытæм дæр... О, уæззау уыд райкомы секретары уа- вæр. Æмæ ма мын ноджыдæр иу хатт куы загъта, нæ мæ равдæлдзæн быдырмæ, зæгъ- гæ, уæд мæм йæ хъæлæсы уаг фæкаст ныл- лæг, æрдæгсаст æмæ фæсус. Æмæ æз ра- цыдтæн йæ кабинетæй. Уадз æмæ куса æмæ- 160
хъуыды кæна. Фæссихор æм уыдзæнис кол- хозты сæрдарты, партион организациты сек- ретарты æмæ агрономты æмбырд. Уым но- гæй ныхас цæудзæн зæххыты структурæ- йыл. Æвæццæгæн æмæ исты æрхъуыды кæн- дзысты рæдыдтытæ сраст кæнынæн... * * * Мæнæн хъыггомау уыд, райкомы секретарь афтæ æнæвдæлон кæй разынд æмæ бы- дырмæ кæй нæ ацыдыстæм, уый, фæлæ йыл ницæмæй фæфæсмон кодтон. Изæрырдæм æз кæйдæр машинæйæ рахызтæн Павло- дольскы станицæйæ цалдæр километры æд- дæдæр æмæ æнцадгай цыдтæн быдырты, саухалыг мæнæуы æвзарты æхсæнты. Знон, æндæрæбон, нырæй размæ бонты хуызæн цардæгас адæймагау улæфыд зæхх. Æрттыв- той дидинджытæ. Дымгæмæ тасыдысты бæлæсты къалиутæ. Зыланг хъæлæстæй за- рыдысты мæргътæ. Мæ алыварс гуыв-гуыв кодтой фæныкхуыз мыдыбындзытæ. Арвы цъæхы та цъыллинджытæ систой урсдæл- лагхъуыр зæрватыччытæ. Терчы-Кумайы къанауы дон цыдис æнкъуысгæ. Мингай лыстæг къанæуттæ дзы сæхи дыууæрдæм .аивæзтой нартхоры æмæ æндæр хуымты астæуты æмæ сыл æнхъæвзта дон. Æнæбан- цайгæйæ нæрыдысты тракторты мотортæ. Сæрвæттæ æрæмбæрзтой фосы рæгъæуттæй æмæ дзугтæй. П Цæудзыстæм та дардмæ 161
«Иууылдæр зæххыл лæууынц, иууылдæр зæхх у сæ дарæг», — уыцы хъуыды та фев- зæрыд мæ сæры. Мæ зæрдыл та æрбалæу- уыд Мырткæджын къох. Чысыл обау. Зæ- ронд Петро. Уый ныхæстæ: «Зæхх зæхх у, æмæ дзы хъуамæ иунæг уылынг дæр æнæ- пайдайæ ма лæууа». Æвæццæгæн ам кæм- дæр ис Петро æмæ та тракторон бригады халсартæм уадзы дон, зилы, йæхи къухтæй цы бæлæстæ æмæ дидинджытæ ныссагъта, уыдонмæ. йæ бон цы у, уымæй архайы рай- гуырæн зæхх рæсугъд æмæ буц кæныныл. Мæ цæстытыл уадысты Веселовскы хуто- ры зæронд лæгтæ æмæ фæсивæд дæр. Мæ хъусты зыланг кодта зарæг, рæсугъд за- рæг: Мæздæджы быдыр, лæгъзвæтин быдыр, Бæркады суадон... Нæ хъæздыг къæбиц... Мæздæг. 1962 аз.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Æврæгъты æмбуар 3 Арв сыгъдæгæй.баззади 34 Æхсæз мин арфæйы 60 Бæстæ йæ зоны 73 Нæхи Бало 86 Хæххон чызг 99 Цæудзыстæм та дардмæ 117 Зæхх 136
Михаил Тасолтанович Цирихое Дороги дальние зовут Редактор Б и ц о е в Г, X. Художник Г а с и е в Б. П. Художественный редактор Сабанов Х.Т. Технический редактор Д з г о е в А. Л. Корректоры Савкуева М. Б., Дзодзикова В. Т. Сдано в набор 12-ХП-1962 г. Подписано к печати 20-1У-1963 г. Формат бумаги 70х921/3> Печ. лист. 5,99. Учетно-изд. листов 4,67. Заказ №2482. Изд. № 130. Тираж 1000. ЕЙ 00543. Цена 14 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.