Текст
                    УИЛЬЯМ
ШЕКСПИР
УАрЫСТÆ
ПЛИТЫ ГРИСЫ ТÆЛМАЦ
ЧППЫГУАДЗÆН «Ир» ОРДЖОНИКИДЗЕ " 1980


84.4 Вл и(Англ) Ш41 Шекспир Уадьям. Ш41 Уацмыстæ /Плиты Г. тæлмац. — Орджоникидзе: Ир, 1980. — 528 ф. Шекспир Уильям. Произведения. В к([игу вошли трагедии «Отелло», «Ромсо и Джульетта», «Гамлет», <Кориолан» в переводе Г. Плиева. ... 7П5"4-61 ,, оп 84.4 Вл ШМ,31(03)-80"5_8° "<А"ГЛ> © Издательство «Ир», 1980, пёревод
АРХАЙДЖЫТÆ Венедийы дож. Брабаицио, сенатор. Иннæ дыууæ сенаторы. Грациапо, Брабанциойы æфсымæр. Лодовико, Брабанциойы хæстæг. Отеллэ, мавр, Венецийы æфсады инæлар. Кассио, Отеллойы адъютант. Яго, Отеллойы поручик. Родриго, веиециаг дворяйнаг. Монтано, Отеллойы агъоммæ Кипры хицауиуæггæнæг. Худæгой, Отеллойы лæггадгæнæг. Хабаргæнæг. Дездемонæ, Брабанциойы чызг, Отеллойы ус. Эмили, Ягойы ус. Бьяпкæ, Кассиойы хæзгул. Афицертæ, дворяйнæгтæ, минæвæрттæ, музыканттæ, матростæ æмæ фæсдзæуинтæ. Фыццаг архайд цæуы Венецийы, иннæтæ — Кипры.
I СЦЕН^ Венеци. Уынг. Бацæуынц Р о д р иго æмæ Я г о. Р о д р иго. Нæ, Яго, нæ! Цыфæнды дзур, уæддæр Мæнæн хъыг у, ау, ме ’хцайыл дæ бар Дæхионау куы цыди, уæд мын хабар Куыд нæ загътай?.. Яго. Фæлæуу-ма, хæйрæг! Ай мæм Куынæуал кæныс хъусгæ дæр. Уæд дын Мæ сæр ныххауæд авд дæлдзæхы, кæд Æз федтон уый мæ фыны дæр. Ро д р и го. Ды алкæд Дзырдтай, зæгъгæ, дæ цæстысындз у мавр. Яго. Æмæ дæ зæрдæ уæд мæныл фæхудæд, Кæд загьтон мæнг. Цытджын æртæ лæджы Зæрдиагæй куырдтой мæн тыххæй маврæй, Зæгъгæ, йæ скæн дæхицæн адъютант. 5
Æмæ уыдтæн æз уыцы кады аккаг, Цæсгомджын лæгау, ууыл/ард хæрын: Æз зонын аргъ мæзшцæн.< Фæлæ мавр Сæрбæрзондæй мæ минæвæрттæм ракаст, Цыдæр фæлывд, æфсæддон мæнг дзырдтæй, Æнæсæрфат, æдылы таурæгътæй Йæхи дзæвгар фæрасай-басай кодта, Ыстæй сын уæд фæстагмæ загъта: «Нæ», Æндæры, дам, ыскодтон адъютант. Æмæ уæд чи у.уыцы ’ндæр та, чи у? — Нæ Кассио, флореннкаг.хынцæг1, Йæхи цæйдæр хæтаг сылимæ сбæттæг, Нырма хæсты дæр чи нæ уыд бæхыл, Æфсæддон ми, сылгоймагау, æмбарæг. Æрмæст æмбары чингуыты хъуыддаг,— Æмæ цыфæнды сенатор дæр уый Нæ зоны уымæй радзурын æвзæрдæр,— Хъуыддагмæ та нæ арæхсы. Уæддæр Æдзух йæхицæй феппæлы. Гъеуый дьш — Флоренциаджы ’фсæддон дæсныйад! Фæлæ уæддæр уый равзæрстой. Æз та, Æз — Кипры, стæй Родосы науæд иннæ Чырыстоп æмæ сау адæмты ’хсæн Отелло хæсты саг лæгæй кæй федта,— Æз Кассиойæ баззадтæн дæлдæр: Уый — адъютант, æз та, хуыцау, ныббар мыи! — Æрмæст нырма поручик дæн нæ маврæн. Р о д р и г о. Хæрын дын ард, мæн бафæндид, хъæлæкк, Йæ куысты уæвыи нæ, фæлæ йæ марын! Яго. Цы загъдæуа! Нæ хъысмæт афтæ у: Лымæн æмæ мыггагмæ гæсгæ у Ныртæккæ ’фсады хистæр бынат райсын. Кæддæрау нал у ныр: цыдис уæд радæй Фыццаджы фæстæ дыккаг. Гъеныр ды Æркæс дæхæдæг, ис мын мавры уарзæн Æмæ йæм ноджы службæйы уæвæн? Род р и го. Куы нæ уыдаис йе ’фсæддон фæлтау. 3 Яго хынцæг хоны Касоиойы, флоренцийæгтæ хъуыстгонд хынцджы- та; кæй сты, уый тыххæн. 6
Æрсабыр у: куы вæййын æз йæ куысты, Уæд-иу æрмæст мæхицæн кæнын елужбæ. Уæвæн нæй, не ’ппæт хицæуттæ уæм, науæд Нæ алкæмæи фæсдзæуинтæ уа, уымæн. Гъе, ис ма ’рмæст æлгъаг тæппуд цагъартæ, Сæрæй хæрз ныллæг кувджытæ; йæ тых, Хъæздыг лæджы хæрæгау, чи фæдæтты Гуыбыны хæлцыл. Уыдои иучысыл Куы фæзæронд уой,— ратæры сæ уæд Сæ хицау кæртæй. Уыцы æдзæсгом Æлгъагфæддзуты марын хъæуы ехсæй! Фæлæ ма ис æндæртæ,— уыдон дарыиц Кæнгæ цæсгæмттæ, се стыр хины куыст Цæмæй уа сусæг: афтæмæй фæкæнынц, Сæ хицæутты фæливгæйæ, сæ митæ, Æмæ <?æ дзыпп куы байдзаг вæййы, уæд Кæпыпц сæхицæн службæ æмæ кад дæр. Гъеуыдон вæййынц бафæзмииаг адæм, Æмæ æз дæр, гъеуыдонимæ дæп. О, о, синьор, куы уыдайн æз маврæй, Нæ уаип Яго уæд, уый раст у, афтæ, Куыд ды — "Родриго. Маврæн службæйы Æрмæст мæхицæн фæкæнын æз службæ. Хуынау æвдисæн, мавры нæдæр уарзын, Нæдæр йæ разы истæмæй дæн хæсджыи; Æрмæст мæхи цæсгомæй афтæ ’вдисын, Цæмæй мæ фæндтæ ма фæуой æргом: Мæ хуызæй æз æргом куы кæиин алцы Мæ зæрдæйæн йæ сусæг фæидтæй, уæд Уый афтæ уаид, ома: д ’армы мидæг Дæ зæрдæ радар сынтытæн хæрынæн. Нæ, æз куыд зынын, ахæм лæг нæ дæн! д р и г о. О, ам дæр ма куы фæуæлахиз уа, Уæд амондджыи у уыцы былджын мавр! о. Цу, чызгæн тагъддæр райхъал кæн йæ фыды; Уадз, рак’æна фæдис; цу, сынад ын кæ Йæ сабыр цард; æгас горæт дæр сыстæд, Йæ биноиты дæр рабадьш кæн чызгæи; Кæд мавр тыхджыи фæзæрдæрухс йæ цардæй, Уæддæр ыл бафтау бындзыты дзуг; кæд Фæхæст и йе стыр амондыл, уæддæр ын
Р1æ уыцы а^онд сынад кæ, цæмæй Йæ рæсугъддзинад баруайа бынтондæр. Родриго. Йæ хæдзар чызджы фыдæн ам и; æз Тыхджын ныхъхъæр кæнон! Яго. О, тынг ныхъхъæр кæн, Рает, мæкæ стыр горæтыл талынг æхсæв Куы бандзæрстæуы, уæд æваст хъæрахстæй, Дзыназгæйæ куыд фæдис кæнынц, афтæ. Р од р и го. Брабаншю! Брабанцио! Синьор! Яго. Брабаицио, уæлæмæ! Къæрныхтæ! Уæлæмæ! Гъей, гъей! Бахъахъхъæ дæ хæдзар, Дæ чыз,г, дæ мулк, дæ чырынтæ!.. Къæрныхтæ! Бр абанцио фæзыны рудзынгæй. Брабанцио. Цы ’рцыдис ам? Уый чердыгон хъæрахст у? Цы хабар у? Цы уæ хъæуы? Р одр и г о. Синьор, Уæ бинонтæ хæдзары сты ныртæккæ? Яго. Уæ уаты дуæрттæ хорз æхгæд ысты? Бр.абанцио. Æмæ сымах та кæцытæ стут, чи стут? Цæмæн мæ фæрсут ахæм хуызы? Яго. Уымæн Æмæ дыи чидæр ачъырхта дæ мулк, Уæлæмæ сыст/ дæ дарæс тагъддæр акæн, Дæ зæрдæ дын ысластæуыд; дæ уд Фæци дыууæ дихы... О, а сахатыл, Раст а минутыл иу хæрз зæронд сау фыр Дæ урс уæрыччы цъист кæны йæ быны... Синьор, фæтындз, фынæйгæнджыты тагъд Æрыхъал кæ фæдисмæ, науæд хæйрæг Дæуæн рæхджы хъæбулы хъæбул ратдзæн! Брабанцио. Уæ зонд фæцыд, æви? 8
Родр иго. Цытджын синьор, Цымæ, ды мæн мæ хъæлæсæй нæ зоныс? Брабанцио. Нæ зонын. Æмæ чи дæ? Р од р и го. Æз — Родриго. Брабанцио. Гъæ, ’наккаг, ’каккаг! Раджы дын куы загътон, Цæмæй мæ рæзты ма лæсай дыууæрдæм. Æз дыи бæстон куы радзырдтон, мæ чызджы Дæуæн кæй никуы ратдзынæн, ды та Æхсæвæрьтл дæхи ныддæнгæл кодтай, Сæрзилæн нозт нынцъыхтай ’мæ та ’ррайæ Æрбалæстæ; дæ мæнг лæгдзинадæй Мæ сабырдзинад фехæлдтай... Р од р и г о. Синьор!.. Брабанцио. Фæлæ уый зон, мæ цыт æмæ мæ иом Дæу уый тыххæй фæкæпдзысты фæсмойнаг. Род р и г о. Синьор, æрбайхъус-ма! Брабанцио. Цæмæн хъæр кæныс, Къæрных, зæгъгæ? Ау, горæт куы у ам? Мæ хæдзар та дæрддаг фермæ куы нæ у?! Р о д р и г о. Синьор, цытджын Брабанцио, æз дæм Æрбацыдтæн дæ хæрзгæнæг хæларау. Яго. 0, де зиаг амæла, синьор! Ды ахæм адæмæй дæ: хуыцауæн кувыныл йæхи чи атигъ кæнид, хæйрæг дæ ууыл куы сардауид, уæд. Мах фæнды дæуæн æх- хуыс бакæныи, ды та нæ цæстфæлдахджытыл ны- майыс. Ау, афтæ дæ фæнды, цæмæй дæ чызг араб- баг уырсимæ бацæра, дæ цоты цот дæ разы мыр-мыр куыд кæной, дæ дыккаг æфсымæртæ фаддзугæнджы- тæ куыд уой, сирджытæ та — д& фæсфæстагæттæ? Брабанцио. Ды та уæд чи дæ, ’наккаг дзыхæй дзурæг? Яго. Æз дæн уыцы лæг, дæуæн мæнæ афтæ зæгъынмæ 9
чп æрбацыд: ныртæккæйы минутыл мавр æмæ дæ чызг сты дыууæчъылдымон сырды хуызæн. Б р а б а п д и о. Æнаккаг сырд! Яго. Ды та, синьор,-— сеиатор! Брабанцио. Дæуæй æз дзуапп æрдомдзынæн, Родриго; Æз зонын дæу. Р од р иг о. Цæттæ дæн дзуапп дæттынмæ. Фæлæ-ма зæгъ, дæ хорзæхæй, синьор, Цымæ дæ зондджыи бацамындæй ацыд Дæ рæсугъд чызг мæйдар æмбисæхсæв Æдзæсгом мавры мондаг хъарм хъæбысмæ? Кæд уый дæуæн зьшдгоид у æмæ кæд Дæ рæсугъд чызг дæхи фæндонæй ацыд, Уæд бафхæрдтам хæрз дзæгъæлы мах дæу. Фæлæ кæд нæ, уæд дын дæ зонд зæгъдзæни, Дзæгъæлы нæм кæй мæсты кæныс, уый. Æцæг, ды афтæ ма фенхъæл, зæгъгæ, Æз ферох кодтои ме ’гъдау æмæ ’рцыдтæи Дæуыл худынмæ. Нæ, синьор! Дæ чызг — Кæд ын дæ бардзырд уый тыххæй нæ радтай, Уæд тынг тыхджын фæазымджын — йæ хæс, Йæ зонд, йæ рæсугъддзинад — иу фыдцъылыз, Æпæхæдзар фыдгулимæ бæтгæйæ. Мæ дзырд дæхи дæр бауырндзæн рæхджы: Дæ чызджы кæд дæхи хæдзары ссарай Кæнæ йæ уаты, уæд мæ сайд ныхæстыл Ныртæккæ дæр мæн тæрхоидонмæ ратт. Б р а б а н ц и о. Гъей, рухс! Цырагъ! Цырæгътæ ссудзут тагъд. Уæлæмæ сыстæпт ме ’ххуырстытæ се ’ппæт! Нæ уыдтон уæгъды сау фынтæ... мæ зæрдæ Фæтоны мастæй. Рухс — уын зæгъьш, тагъд! (Фæаууон и рудзынгæй.) Я го. Хæрзæхсæв! Хъуамæ ацæуон æз иуварс: Мæ раимæ гæсгæ пе ’мбæлы, нæу аив Мæнæн æвдисæн мавры пыхмæ ’рлæууын Куы баззайон, уæд хъуамæ ’вдисæн уон; Дæхæдæг зоиыс, сенат æй йæ куыстæй 10
Нæ сисдзаен уый тыххæй, æрмæст ын ратдзæн Чысыл æфхæрд: сенаторты ныртæккæ ’ Мавр афтæ ’хсызгон хъæуы, Кнпры тагъд Цы хæст уыдзæни, уырдæм, æмæ уым Отеллойау пæ сарæхсдзæиис иу дæр. Гъеуый адыл, мæ удхæссæг кæд у, Кæд мыи цæстысындз у, уæддæр æм хъуамæ, Фæливынæн, хæлары каст кæнон. Цæугæ, Родриго, уазæгуатмæ, хъуамæ Ды ссарай уым Отеллойы. Æз дæр Рæхджы фæцæуын уыцырдæм. Хæрзæхсæв! (Ацæуы.) Бацæуынц Брабаицио æмæ йæ ф æ с д з æ уинт æ æд рухс* Брабанцио. Æппæт дæр раст! Фыдгæнддзинад æрцыди! Нæй ам мæ чызг— æмæ ма баззад ныр Мæнæн мæ царды сагъæс æмæ сау бон! — Родриго, ды качм федтай уæд маё чызджы? — О, ме ’намонд чызг — мавримæ, зæгъыс? — Уæдæ-ма ныр уый чи схондзæн йæхи чызг? — Куыд базыдтай, мæ .чызг кæй уыди, уый? — О, ’намоид гуырд, цы фæлывд мæ фæкодтай! — Æмæ дын уæд цы загъта? — Гъей, рухс ноджы! Цырагъ-ма! Сыстæнт фæсдзæуинтæ тагъд! — Зæгъ-ма, Родриго, еаргъуыдтой, цымæ? Р о д р и г о. Æвæлцæгæн. Брабанцио. Хуыцау! Цымæ куыд бафтыд Йæ къухы ахъуызын? О, туджы сайд! Фыдæлтæ, мауал баууæндут сымах Уæ чызджытыл нырæй фæстæмæ, мауал! Цымæ зæххыл нæй ахæм сау кæлæнтæ, Рæсугъд æмæ æрыгон чызджы зæрдæ Рæдыд фæндагмæ чи сайы? Родриго, Нæ кастæ чиныг уыдон тыххæй ды? Р о д р и г о. Куыд иæ, синьор! Брабанцио. Кæм, ме ’фсымæр? — Гъей, тагъддæр! — Родриго, охх, цæй тыххæй йæ нæ радтон Фæлтау дæуæн! — Сæ фæдыл сургæ, тагъд! Уæ иутæ — уырдæм, ацырдæм — æндæртæ.— Кæм уой, цымæ, иæ зондзынæ, Родриго? и
РОДР’И ГО. Цыма сæ зонын, афтæ мæм кæсы. Кæд дæ фæнды, уæд хъахъхъæнджытæ рахон Æмæ мæ фæдыл рараст у. Б р а б а н ц и о. Цæугæ, Цæугæ нæ разæй. Алкæмæ дæр сыхы Кæндзынæп хъæр, цæмæй æххуыс дæттой.— Хæцæнгарз райсут. Хистæр хъахъхъæнджытæ Æрæмбырд уæит! — Ц&угæ, мæ хур, Родриго, Дæ хорздзинад дын бафиддзынæн æз. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Иннæ уынг. Бацæуынц 0 т ел ло, Я г о æмæ фæ сдз æ у инт æ æд рухс. Кæд хæсты мардтон адæмы, уæддæр Æдзæсгомдзинадыл нымадтон марын, Гæнæн уæвгæйæ: фаг-иу мæм нæ уыд Æгъатырдзинад. Гъеуæддæр æй æз Иу-фараст хатты хъавыдтæн цæвынмæ. Отелло. - Хорз бакодтай{ кæй нæ ныццавтай, уьшæй. Яго. Ау, уый та куыд? Йæхи уый афтæ стыдта, Дæ кой кæнгæйæ, ахæм æвзаг дардта, Æмæ, кæд тынг хæларзæрдæ лæг дæн, Уæддæр мæ маст фæцæйтыдта йæ митæм. Фæлæ-ма зæгъ, дæ хорзæхæй, синьор, Куыд, саргъуыдтай? Дæ эæрдыл дар — йæ фыд Сенатор у, егъау, уый уарзынц бирæ Æмæ йæ дзырд суанг дожы дзырдæй дæр Фылдæр кæрды. Йæ бон дæр у сымах Кæрæдзийæ фæхицæн кæиын: ноджы, Йæ закъон ын цы стыр тых дæтты, уымæй Дæу карз æфхæрды баппарыи. О те л л о. 1 Цы кæны, Уадз, йе ’рра митæй алцы дæр фæлвара; 12
Сенаты раз мæ бирæ сгуыхтытæн Сæ рыджы дæр иæ фæзындзæн йæ хъаст. Ыстæй куы фенон æз: сæрыстырдзинад Æмæ хъæздыг цытыл нымад у, уый, Уæд радзурдзынæн алы ран æргом, Кæй райгуырдтæи æз тынг номдзыд мыггагæй, Кæй нæ хъæуы сенаторы худ мæн; Æрмæст мæ ныфсы, ме ’сгуыхтыты руаджы Кæй ыссардтон мæ бирæ амонд æз. О Яго, зои, куы нæ уарзтаин афтæ Мæ рæсугъд Дездемонæйы, уæд, баууæнд, Æгас дунейы стыр хæзнатыл дæр, Æнгузы хъузгау, иу къуындæг хæдзары Нæ бакодтаин амæлæтмæ дæр Мæ денджызау парахат бархи цард. Фæлæ-ма кæс, уый цавæр рухс у уартæ? Дардæй фæзынынц шКа с с ио æмæ цалдæр афицер рухс. Яго. Уый чызджы фыд æрбалæбуры, йемæ — Йæ лымæнтæ. Дæхи сæм ма равдис. Отелло. Нæ, фæлæ мæн фæнды, цæмæй мæ феной. Мæ цыт, мæ митæ, стæй мæ сыгъдæг цæсгом — Уырны мæ тыиг — ысраст кæндзысты мæн. Ау, уыдон уой? Яго. Нæ, Янусыстæн2, нæ! Æндæр чидæртæ. Отел ло. Уыдон ысты, дожы Æфсæддонтæ... Мæ адъютант дæр семæ.— Уæд уе ’хсæв хорз, мæ хæлæрттæ! Æгас цуат! Цы зæгъдзыстут? К а € с и о. Æрбарвыста нæ дож, Саламтæ дын æрвиты, инæлар, Æмæ дæ куры, тагъд, дам, мæм фæзын. Оте лло. Цæмæн? Нæ базыдтат? Я н у с — дыдзæсгомдзинады бардуаг.
Кассио. , Æихъæлдæн, Кипрæй Ныртæккæ ’рцыд цыдæр æфсæддон уацхъуыд, Зæгъгæ, дыууадæс барæджы фæд-фæдыл Æрхæццæ сты изæрмилтыл нæ наутæй. Æрбамбырд кодта сепаторты дож!.. Уыдис æрвыст уæхимæ дæр дæ номыл, Фæлæ нæ уыдтæ уым. Æмæ та ныр Сенат дæ фæдыл арвыста лæгтæ, Цæмæй дæ ссарой тагъд æмæ... Оте л л о. Иттæг хорз, Æгайтма мыл ам фембæлдыстут. Æз Цæстыныкъуылдмæ бауайон нæхимæ, Ныртæккæ уæм фæзындзынæн. (Ацыди.) Кассио. Поручик! Цымæ йыи уым цы хъуыддæгтæ ис? Яго. А ’зæр Уый ну рæсугьд нау аласта сыфцæй, Æмæ йын уый куы батайа — мыггагмæ 4 Йæ амонд уæд пттæг хорз конд уыдзæн. Кассио. Нæ бамбæрстоы дæ пыхас. Яго. Ус æрхаста. Каесио. Кæй? Яго. Мæнæ... О тел ло. Отелло раздæхы. Цом, уæдæ, инæлар? Цом. • Кассио. О, иу отряд ма поджы уартæ: уый дæр Дæу агуры. 14
оацæуынц Брабанцио, Р од р иго æмæ ф æ с д з æуинтæ æд хæцæнгарз. Брабапцйо у уый! Кæс-ма сæм уартæ, инæлар! Æд гæрзтæ... Цыдæр фыдвæпд сæм и, дæхн сæ хъахъхъæ! Отелло. Æрлæуут иуран! Р о д р и г о. Мæпæ ис, синьор! Брабанцио. Хæцут ыл, хуыспæгыл! Я г о. * ’ А, уый ды дæ, Синьор Родриго, рауай уæдæ, рауай! О’телло. Лæбургæ иæ, мæ хæлæрттæ! Нывæрут Уæ фæринк кæрдтæ кæрддзæмты, кæниод сыл Фæзындзæн ызгæ æхсæвы æртæхæй.— Цытджын синьор, дæ урс зачьегы ис Уæ хæцæнгæрзтæи се ’ипæтæй фылдæр тых. Б р а б а н ци о. Мæигард хуыспæг! Кæм бамбæхстай мæ чызджы? Æпаккаг лæг, ыскодтай йып кæлæн! Дызæрдыггаг нæу зоидджынæи, мæ чызджы Кæн асайдтай сæрзилæн хостæй ды. Æндæр, пæ бæсты бопджыпдæр, рæсугъддæр Лæппутæн чи нæ бакуымдта, ныр уыцы Хæдæфсарм, рæзгæ, цардæфсæст рæсугъд Йæ сæр куыд радта худппаджы ранмæ, йæ хæдзарæй куыд алыгъдис æмæ Р1æхп пыхуызы радта, иу йæ уынд дæр, Фыдпизæй уæлдап, уарзннаг кæмæн иæ\\ Гъеуыцы сау æлгъаг лæджы сæг риумæ? Уæд арв пыцпæва мæн, кæд пæу бæрæг, Мæ чызгæп ды кæй сарæзтай кæлæнтæ Æмæ пын марг кæй бадардтай, цæмæй Фæрæдыдаид. Тæрхондои æркæсдзæп: Дæ мæнгард’митæн тагъд уыдзæн тæрхон! Ныр та уал дæу — кæлæитæгæнæг, сайæг, Цæстфæлдахæг — æрцахсдзынæп пыртæккæ Æмæ дæ фидар бабæтдзынæн, куыд ’Æнæзакъонæй архайæг мæнгарды. 15
Хæцут ыл тагъд, æмæ куы лæууа ных, Уæд ын тæригъæд ма кæнут! Отелло. Æнцад! Хæцут уæ къухтыл, ме ’мбæлттæ, сымах дæр! Мæнæн мæ роль хæцын куы уаид, уæд Æнæ суфлерæй базонин йæ хъазын. Кæдæм цæуои дæ фæдыл æз, цæм’æй Мæ азымыл дзуапп радтон? Брабанцио. Ахæстонмæ! Фæсиддзæни дæм тæрхондон уæдмæ. Отелло. Æ.мæ, дæ коммæ бакæсгæйæ, дожæн Иæ дзырд цыхуызы баххæст кæндзынæн? Йæ минæвæрттæ мæнæ сты; æрвиты, Цæмæй йæм тагъд фæзынон паддзахады Хъуыддæгты тыххæй. Афицер. , Раст зæгъы, синьор. Дож уым и, советы. Дæхимæ дæр Уыдис æрвыст. Брабанцио. Ау, советы ис дож? Æхсæвæй? Тагъд æй ракæнут мæ фæдыл,— Уæдæ мæ хъуыддаг хорз у: дож йæхæдæг, Ыстæй æппæт сенатортæ дæр хъуамæ Мæ бафхæрдмæ, сæхи ’фхæрдау, æркæсой. Куы дæттæм ахæм хæлд митæн фæндаг Сæрибарæй, уæд не ’нгасæн нæ сæргъы Тæрхонгæнæг æрлæудзысты рæхджы Хъæддæгтæ ’мæ æнаккаг сау цагъартæ. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Советы зал. Д о ж æмæ сенатортæ бадынц стъолы фарсмæ. А ф ице р- т æ лæууынц хибарæй. Дож. Ай-гъай, фæлæ цы уацтæ райстам, уыдон Æмхуызон не сты, уыдоныл æууæндын Зын у. 16
1-аг сеиатор, Ды раст дæ: иудзинад сæ нæй. Мæнмæ фыссынц, зæгъгæ, сты сегас наутæ Сæдæ ’мæ авд. Дож. Мæнмæ та — авдыссæдзы. 2-аг сенатор. Дыууæ сæдæйы та — мæнмæ. Фæлæ, Кæд науты хыгъд нæу фыстæгты æмхуызон Æмæ нæу хабар иууыл тынг бæрæг, Уæддæр дзы уый бæлвырд у, æмæ флот Кæй у æнæвдæнг туркæгты, стæй Кипрмæ Кæй ленк кæны. Дож. Рæстдзинад бирæ ис Дæ ныхæсты: кæд иудзинад нæй хыгъдты, Уæддæр тæрсыи: миййаг, куы бырсой Кнпрмæ! М а т р о с (фæссценæйæ). Гъей, бауадз, бауадз, ног хабар æрхастам! Бацæуынц афицер æмæ матр о с. Афицер. Фæдисон наутæй! Дож. Радзур-ма дæ ног уац. М а тр о с. Æрбаленк кæны Турчы флот Родосмæ. Сенатортæн фæхабары тыххæй Мæн рарвыста синьор Анджело. Дож. Гъы, Куыд уæм фæкасти ацы ивддзинад? 1-а г сена тор. Æз уый зæгъын, æмæ уæвæн нæй уымæн,— Цыдæр ис ам. Фæливынц нæ, цæмæй Нæ тыхтæ мах æрæвæрæм æндæр ран. Уæхæдæг зонут, Турчы ’фсады Кипр Кæй хъæуы тынг æхсызгон, уым кæй нæй Зьш сæттæн фидæрттæ æмæ сын уырдæм Кæй у ныббырсын бирæ ’нцондæр Туркæн; Родос та сæ нæ хъæуы афтæ тынг, Ыстæй уым ис егъау фиДæрттæ бирæ. Мах ууыл хорз куы ахъуыды кæнæм, 2 Шекспир П
Уæд бамбардзыстæм, Турк кæй не сты уыйбæрц Æвæлтæрд, науæд уыйбæрц æдых дæр, Цæмæй хæзнаджын бæстæ ро^ ныууадзсй Æмæ ныббырсой, мур дæр сыи пайда Кзем нæй æмæ сын тас цы ран у, уырдæм. Дож. Æвæциæгæп, нæ ленк кæнынц Родосмæ. Афицер. Фæзынди пог хабæрттимæ фæдисон. Бацæуы ф æ д ис о н. ФæдисО’Н. Цытджып сенатортæ! Родосмæ лепк Цы туркаг наутæ кодтой, уыдонимæ Æндæр (Ьлот баиу.ноджы. 1-аг сен а тор. Гъе. нæ загътон!? — Æмæ пы хъуысы? Цас, дам, у сæ хы^ъд? Фæдисо’Н Цæс æмæ ссæдз — сæ наутæ. Æмæ ныр Уæхгæр фæзылдысты фæстæмæ — Кипрмæ Фæл°нк кæ"1ынц æмраст. Синьор Монтано — Дæ иузæрдыг хъæбатыр фæсдзæуин — Хабар кæны гъеуый æмæ дæ куры, Цæмæй йыл баууæндай. Дож. Гуырысхойаг Ныр н*ал у — уыдон Кипрмæ кæй бырсынц. Ныртæккæ горæты ис Марк Лукезе? 1-аг сенатор. Нæ, уый ныртæккæ ис Флоренцийы. Дож. Ныффысс æм, уæдæ — тагъд куыд раздæха. 1-аг сенатор. Брабанцио хъæбатыр мавримæ! Бацæуынц Брабанцио, От е л ло, # го, Р од р иго æмæ а ф ы це р т æ. Дож. Отелло — сахъ хæстон! Ныртæккæ дæу Республикæйы каоз Фыдгулты ныхмæ Æрвитæм мах. Фæлæ нæ уынын...
(Брабанциомæ) А-а, Æгас цæуай, дытджын синьор! Хъæуынц Ныртæккæ мах иттæг æхсызгон де, ’ххуыс, Дæ уынаффæ. Брабанцио. Мæн та хъæуыиц сымахæй, Нæ кадджын дож, ныххатыр кæ.— Мæ хæс дæр Æмæ нæ хæсты ног хабар дæр мæн Нæ сыстын^кодтой хуыссæнæй. Æхсæны Хъуыддæгтыл афтæ не стыхсти мæ зæрдæ, - Фæлæ мæ маст дæр ахæм фыхт кæны, Цæджджинагау, æмæ йæ хъуыртты дæр Æхсæны сагъæс нал зыны; мæ удæн Мииуты бæрц дæр нал дæтты æнцой. Дож. Цы хабар у? Цы кодтай? Ау, цы ’рцыди? Брабанцио. Мæ чызг, мæ чызг! Дож, Фæзиан? Брабанцио. О, мæнæн! Фæсайдæуыд æй, адавта йæ къæрных, Кæлæнгæнджыты конд фæливæн хостæй Æрцыди сайд; æндæр — нæ уыд къуылых, Нæ — куырм, нæ — сохъхъыр, гъе, кæнæ та зондцух, Æмæ йæхиуыл ахæм рæдыд уый Æпæ кæлæнтæй не ’руагътаид, никæд. Дож. Фод чифæнды дæр уыцы лæг, дæуæн Дæ чызджы ’наккаг хостæй афæливæг, Æмæ дæ чызджы зонд фæсайæг,— райс Закъонæй карз æфхæрæн чиныг ды, Æмæ дзы равзар мастисæн,— фæнды Мæхи фырт уæд, уæддæр мæ тæрхон æз Нæ аивдзынæн.^ Б р а >б а н ц и о. Бузныг, де стырдзинад! Уæдæ мæ сафæг, аххосджын уд мавр у, Ныртæккæ паддзахады хъуыддæгтæм, Æнхъæлдæн, ды кæмæ фæсидтæ, уый. Д о ж æмæ сенатортæ. Хъыг ныи у махæн уыцы хабар хъусын. 19
Дож (Отелломæ). Цы зæгъдзынæ дæхи ысраст кæнынæн? Брабанцио. Иу, иу æрмæст — æз раст кæй загътон, уый. 0 т е л л о. Нæ цытджьшдæр хæларзæрдæ синьортæ Æмæ иæ кадджын разамонджытæ! 1<æй ахастон æз а зæронды чызджы, Уый раст у; раст у ноджыдæр, æз æй Кæй ракуырдтон; фæлæ мæм азымдзинад Нæй дарддæр. Æз рæсугъд дзурын нæ зонын, Къæбæлдзыг дзырдтыл не сахуыр дæн æз, Мæ ныхас тьшг дæрзæг у, уымæн æмæ Æз ацы къухтæй авдаздзыд лæппуйæ Раст абонмæ фæцахуыр дæн æрмæст Хæцæн быдыры лагерон куыстытыл: Цыдæриддæр æгас дунейыл ис, Æз уыдонæй æдæрсгæ дзурыи зонын Хæстытæ ’мæ ныббырстытыл æрмæст. Гъе, уымæ гæсгæ, ацы ран, уæ разы, Мæхи зынтæй ысраст кæндзынæн æз. Фæлæ фод афтæ: раттут бар, уæддæр Æз радзурдзынæн комкоммæ сымахæн, Цыхуызы цыд нæ уарзондзинад; науæд Цы кæлæнтæй, цы хинтæй æмæ хостæй,— Сымах мæ кæмæй азымджын кæнут,— Æз уыдонæй куыд афæлывтон чызджы. Брабанцио/ Ау, ахæм сабыр, ’нæуæндаг, хæдæфсарм, йæхи сæрмагонд фезмæлдæй тæрсаг чызг, Æвшшайды æрдзон æгъдæутты, й’азты Йæ исбоны, фыдыбæсты ныхмæ Цыхуызы хъуамæ бауарзтаид уæд, ■ Нырмæ тæрсгæ цы митæй кодта, уыдон? . Нæ, нæ, æрмæст æдылыйæн, æррайæн Ис баууæидæп, æппæтæй дæр æххæст Цы чызг у, уый фыдрæдыды ныххауа Æмæ зындоны баппара йæхи. Гъе, уымæ гæсгæ æз уæддæр нымайын, Цыдæр фæсайæи, зондфæливæн хос Кæй бадардта мæ чызгæн ацы ’наккаг. Дож. 1 Нымайыи — уый æххæст бæрæг нæма у, Æмæ йæ ды цæмæй кæныс зылын, 20
Уый хъуамæ мысгæ, хус ныхæстæй нæ, Фæлæ бæлвырдæй равдисай нæ разы. 1-а г сенатор. Дæхæдæг-ма нын зæгъ, Отелло, ды Æцæг тыхæй, æнæзакъоц фæрæзтæй Æртасын кодтай рæзгæ чызджы зæрдæ Кæнæ йын хостæ бадардтай, миййаг? Æви йæ, уарзон сабиты æнгом Цы раст æмæ фæлмæн дзырдтæ фæкæнынц, Æртасын кодтай уыдонæй? Отелло. Æз курын, Цæмæй йын арвитат йæхимæ, уадз — Мæн тыххæй ам, йæ фыды раз, æппæтдæр Зæгъа йæхæдæг. Кæд, миййаг, зылын Æз уый ныхæстæй разынон, уæд-иу мын Æрмæгт цы ’ууæнк, цы кад, цы быиат радтат, Капд уыдои нæ, фæлæ уæ раст тæрхои Мæ цард дæр айсæд. Дож. Арвитут ныртæккæ Тагъд Дездемонæмæ, Отелло (Ягомæ). Мæ хæлар, цу, Æрхæццæ йæ кæн, ды, кæм и, уый зоныс. Яг о ацæуы цалдæр аф ице р имæ. Æз та уал уын, нæ намысджын синьортæ, Уый цалынмæ æрхæццæ уа, уæдмæ, Цыма хуыцауæн, афтæ ’ргом уæ разы Мæ тæригъæдтæ ранымайон: æз Цыхуызы ссардтон чызджы уарзоцдзинад, Æмæ цы ’гъдауæй бауарзта уый мæн. Дож. Уæдæ нын дзур: мах хъусдзыстæм, Отелло. Отелло. Йæ фыд мæ уарзта бирæ, мæн-иу арæх Хуыдта сæхимæ. Дзурын-иу мын кодта, Цы федтон æз мæ царды азæй-азмæ: Цы хæстыты, цы бырстыты фæдæн, Æмæ цы зынтæ бавзæрстон мæ рагъыл. Æз-иу ьш сæ фæнымадтон бæстон
Мæ сабицæ мæ ралæгмæ фæд-фæдыл. Фæдзырдтон-иу ын ме ’ппæт фыдæбæттæ, Мæ бирæ зынтæ денджызы ’мæ хусыл: Фыдгултæм-иу куыд бырстон кардæлвæстæй, Æрдуйыл-иу куыд хæцыд уым мæ цард, Фæлæ-иу ног куыд ирвæзтæн, ыстæй Фыдызнæгтæм куыд бахаудтон уацар, Цагъарæн мæ куыд ауæй кодта дардмæ Ыстæй та ног куыд ыссæрибар дæн. Нымадтон ын, цы нывтæ федтон балцы: Æдзæрæг хус быдыртæ; арф тæосаг Æнæбын хуыккæмттæ, стæй арвы онг Сæ цъуппытæй хæццæгæнæг хæхтæ, Дынджыр цъæссытæ, ноджы каннибалтæ, Кæрæдзийы фыд чи хæры; тызмæг Антропофагты мыггæгтæ — сæ сæртæй Сæ уæхсчытæ уæлдæр кæмæн ысты, Гъеуыцы адæмтæ. Мæ ныхæстæм мын Æдзух лæмбынæг хъуыста Дездемонæ, Æмæ-иу æй хæдзары хъуыддæгтæм, Миййаг, куы бахъуыд мах цурæй цæуын, Уæд-иу сæм тагъд-тагъд азылд æмæ та Мæ хабæрттæм æнувыдæй ног хъуыста. Гъеуыцы хъуыддаг бафиппайдтон æз; Ыссардтон хорз фадат, æмæ дзы иухатт Фæсаууон ран æрцагуырдтон, цæмæй мын, Æххæстæй мæ цы нæ фехъуыста, уыдон Йæхицæн ногæй радзурын кæна. Æз райдыдтон мæ ныхас, æмæ чызгæн Йæ цæстыты сыг цалдæр хатты ’ркалд Мæ царды бирæ хъизæмæрттыл. Дзырд Куы фæдæн, уæд ныуулæфыдис арф, ’ Зæрдæбынæй; фæарфæтæ мын кодта, Стæй хордта ард,— зæгъгæ, уыдис дæ цард Уæззау, æнкъард, æмбисонд æмæ диссаг; Дзырдта мын уый: уыдаид, дам, хуыздæр, Фæлтау, дам, сæ куы никуы фехъуыстаин; Фæлæ уæддæр, мæн бафæндид, бæргæ, Хуыцау мæн дæр куы скодтаид дæ хуызæн; Зæрдиаг арфæ ракодта æмæ ма Йæ дзырдтыл ноджы бафтыдта: кæд, зæгъы, Миййаг, дæуæн ис хорз æмбал, мæн уарзæг,— Уадз уый дæр афтæ радзурæд йæхиуыл Æмæ йæ ’нæмæнг бауарздзынæн, Æз
Мæ уарзондзииад ркргом кодтон уæд. Уый бауарзта мæн ме стыр зынты тыххæй, Æз та — мæ зынтыл хъыг кæй кодта, уымæн. Гъеуыдон уын — мæ кæлæнтæ, мæ хинтæ. Æрбацæуы, йæхи дæр ын фæрсут. Бацæуынц Дезд емонæ, Яго æмæ афицертæ. Дож. А-гъай, мæ чызг дæр ахæм раныхасмæ «Нæ» нал загътаид. Цæй, Брабанцио, Цы аивгъуыдта, нал раздæхдзæн уый, Æмæ йыл хъуамæ сразы уай ды дæр. Уæддæр хуыздæр у саст хотыхæй схæцын, Хæрз афтид армы бæсты. Бр а банци о. Курыи æз, Цæмæй йæхимæ байхъусæм мæ чызгæн, Цымæ йæхæдæг басæттид æргом, Кæй сырæзт хъуыддаг барвæндонæй, ууыл! Йæ дзырдтæм æй куы бафхæрон, миййаг, Мæ зæронд сæр уæд хъазинаг æрбауæд... Æрбацу-ма, мæ удлæууæн хъæбул! Ды зоныс, ацы памысджын синьортæй Дæ хæс кæмæ у тынгдæр хъусын, уый? Дездемонæ. Æз зонын уый, мæ хорз фыд, æмæ ам Мæнæп мæ хæс дыууæ дихы кæй фæцис: Ды дæ мæ царддæттæг, мæ хъомылгæнæг, Æмæ мын цард дæр, ме схъомыл дæр дзурынц, Дæуæй æз бирæ хæсджын кæй дæн, уый: Æз дæн дæ чызг, ды та — мæхи зынаргъ фыд; Фæлæ мæ мой та — мæнæ. Бар мын ратт Мæнæн дæр, мавры афтæ уарзынæн, Куыд уарзта дæу, йæхи фыды ныууадзæг Æмæ дæу мойæн равзарæг — мæ мад. Браба’нцио. Цæй, д’амонд хорз! Фæдæн æз, де стырдзинад. Кæд дæ фæнды, уæд рахизæм ныр та Нæ республикæйы хъуыддæгтæм. Охх, Дзæгъæлзады куы схастаин фæлтау Мæхи чызджы бæсты. Мавр, рауай-ма: Дæттын дæуæи мæ зæрдæйæ æз уый, Дæ зæрдæйæ кæй ратонин фæстæмæ, 23
Иæ хицау ды куы не суыдаис^уæд. (Дездемонæйæн) Цæй, ме стыр рухс хæзна, æз цин кæнын, Æндæр чызг мын кæй нæуал уыди, ууыл, Кæннод тиран ысуыдаин æмæ йæ Дæ лыгъды фæстæ сбастаии рæхыстæй.— Фæдæн æз дзырд дæ уæздандзинад. Дож. Цæй, Уæдæ æз арфæ ракæнон дæ бæсты Нæ цæрæццæгтæн; дарддæр царды сæм Дæумæ егъау хæлардзинад уа хъуамæ, Ды та сын ам сæ хъуыддæгтæ ныббар. Кæм нал уа хос, уым маст кæнын нæ бæззы; Æнæ ’рцæугæ цы мастæн нæ уа, уый раз Фæразын у æппæты хуыздæр хос. Кæй мулк фæдавд уа, уый куы схуда зианыл, Уæд райсы къæрныхæй йæ чысыл хай; Фæлæ куы бафты сагъæсыл, уæд ма Йæ зæрдæйæ дæр ахауы дзæвгар. Бра банцио. Гъæй, цæй-ма, уæдæ, раттæм Туркæн Кипр Æмæ йæ фæдыл худæгæй мæлæм: Нæ къухæй кæд нæ фæцух уаид. Охх! Æнцон у ахæм аргъæуттæ кæнын, Йæ зæрдæйы кæмæн нæй сагъæс, уымæн. Фæлæ куыд уа, куыд уа, фыдмаст йæ риуы Кæмæн ныссагъди, уый та? Иудзырдæй, Йæ сæрниз ферох кæныны тыххæй, Уый хъуамæ иу мæгуырæй райса хæсыл Быхсындзинад. Ехх, ахæм таурæгътæ Лæджы фæкæнынц хъæлдзæг æмæ ’нкъард дæр: Æмбарын сæ дыууæ хуызы хъæуы, Куыдфæнды сæ æвæр, уæддæр. Ныхæстæ Кæддæриддæр ныхæстæ сты! Æрмæст Нырма æз никуы фехъуыстон: рыст зæрдæ Фæдзæбæх хъусыуадзгæ хосæй, уый. Дæ хорзæхæй, курын, æмæ рахиз паддзахады хъуыддæгтæм. Дож. Турчы денджызон тыхджын æфсад гæрзифтонгæй 24
æрбаленк кæны Кипрмæ. Дæуæи, Отелло, иннæтæй хуыздæр зындгонд сты уыцы сакъадах бахъахъхъæ- нæн фæрæзтæ. Кæд нын уым æвæрд ис хъæбатыр бæрнон лæг, уæддæр æхсæнадон уынаффæ — сгуыхт- дзинæдты сæйраг хицау — йæхицæн фервæзыны стыр- дæр ныфс æвæры æрмæст дæуæй. Уымæ гæсгæ дæу иыр бахъæудзæн дæ ног ссаргæ рæсугъд амонд ны- вондæн æрхæссын уыцы æнæмæиг саразинаг хъуыд- даджы сæраппоид. Отелло. Нæ кадджындæр сенатортæ! Лæг, дам, Цæуыл фæгæрз уа, уый фæстагмæ свæййы Тиран йæ удæн; о, фæлæ мæнæн Мæ дурвидар, уæззау æфсæддон бандон Ныртæккæ фестад бумбулиау рог, Мæнæн мæ зæрдæ циндзинад уыны Æрмæст уæззау, егъау фыдбонты мидæг,— Æмæ цæттæ дæн хæстмæ — оттомантæн Сæ ныхмæ. О, фæлæ уæ курын æз Сыгъдæг зæрдæйæ ацы ран, цæмæй Дзырд раттат, æмæ ме ’фсинæн æрцæуой Лæвæрд цæрæнуат, кусджытæ ’мæ хардз: Цæмæйдæриддæр, раст цы царды схъомыл, Гъеуыйау, ын куыд уа æппæтдæр фаг. Дож. Кæд дæ фæнды, уæд уал цæрæд йæ фыдмæ. Брабанцио. Нæ фæнды мæн. Отелло. Мæн дæр. Дездемонæ. Мæн дæр. Нæ фæнды Мæн уым цæрын, цы ран мæ фыд æдзухдæр Кæндзæн мæ уындæй маст æмæ тызмæг. Нæ цытджын дож, зæрдæхæларæй байхъус Мæ лæгъстæтæм, æмæ мын де стыр бардзырд Фæныфсджын кæнæд ме ’вæлтæрддзинад. Дож. Цы дæ фæнды, зæгъ-ма нын, Дездемонæ? Дездемонæ. Нæ цытджын дож, хъысмæты къорд фыдмийы Нæ бахынцгæйæ, ардæм ме ’дæрсгæ Фæзындæй æз æгас дунейæн загътон, Кæй уарзын мавры уый тыххæй, цæмæй 25
Цæрон æз йемæ. Ау, мæ сонт зæрдæ йæм Лæгдзинадмæ куы бабæллыд æрмæст, Йæ хуызы мæм йæ сахъдзинад куы зынди; Æз йе сгуыхтытыл, йе стыр нæргæ кадыл Мæ цард, мæ хъысмæт уый тыххæй куы сбастон! Гъеуый адыл, нæ намысджын синьортæ, Уый сау хæстмæ куы ацæуа, æз та, Рæмпæгау, ам куы баззайон йæ фæстæ, Уæд комкоммæ фæцух уыдзынæн, мавры 'Цæйигыххæй уарзын, уымæй, æмæ мын Уыдзæни тынг зын уарзонæй фæхицæи; Фæлтау мæ йемæ ауадзут цæуын. О т е л л о. Сенатортæ, уæ фæндæттæ зæгъут. Æз курын, æмæ сразы ут йæ дзырдыл. Хуыцау æвдисæн, уый тыххæй нæ курын, Цæмæй мæ мондæгтæн сæрибар раттон, Кæнæ æрыгон, судзгæ мондагдзинад Хæрзадджын цард мæхи удæн дæтта; Нæ, курын æз, цæмæй зынтæй, фыдбонтæй Уа чызджы зæрдæ ирвæзт. Гъе, æцæг, Синьортæ, макуы банхъæлут, зæгъгæ уын Уæ бæрнон фæдзæхст ферох кæндзынæн, Мæ усимæ къуырфбынæй бадгæцæ, Нæ! Базырджын Амуры уарзон митæ, Æнæсæрфат хъæзтытæ искуы мæн Куы скæной уæнгмард æмæ ’нцойуарз; уыдон Мæ хъуыддæгтæ куы фехалой мæнæн, Уæд-иу мын, уадз, мæ уартæй сылтæ скæнæнт Сæхицæн дурын касдон фыцынæн, Æмæ-иу уæд мæ цæсгомыл æрхауæнт Æфхæрд æмæ цыфыддæр худинаг! Дож. Цæй, фод, уæдæ, уæхи куыд фæнды, афтæ —’ Цæуæд, йе баззайæд. Нæ хъуыддаг махæн У тагъд æххæсткæнинаг: уымæн нæй Гæдзæ кæнæн. Тæккæ ахсæв цæуыс. Дездемонæ. Тæккæ ахсæв? Дож. Тæккæ ахсæв! О т е л л о. Иттæг хорз. 26
Дож. Мах райсом раджы фембæлдзыстæм ам Дæс сахатыл. Отелло, искæй ды Ныууадздзынæ дæ афицертæй ам: Дæ чингуыгæ, дæ фæдзæхстытæ уырдæм Уый аласдзæн дæ фæдыл. О т е л л о. Бар мын раттут, Цæмæй ам баззайа поручик Яго: Уый у æууæнкджын, растзæрдæ лæг; уый мæм Æрласдзæн ме ’фсины, æмæ сымах Мæнмæ цы ’рвитат, уыдон дæр æххæстæй. Дож. Цæй, хорз, фод афтæ. Гъеныр та, уæдæ, Хæрзæхсæв уе ’ппæт дæр (Брабанциомæ) Цытджын синьор, Кæд искуы ис рæсугъд лæг æмæ ’гъдауджын, Уæд де сиахс иæу сау лæг, фæлæ уый. 1-а г с е н а т о р. Хæрзæхсæв, мавр, цæхæрцæст; хорз-иу хъахъхъæн Дæ рæсугъды зындзинæдтæй. Брабанцио. Кæс-иу Иæ фæдыл, мавр, дæ цæст æм дар бæстондæр: Уый асайдта йæ иунæг фыды — мæн, , Æмæ дæу дæр, æвæццæгæн, фæливдзæн. Дож, сенатортæ æмæ иннæтæ ацæуынц. Оте л л о. Нæ, æз мæ цардæй ард хæрын — мæныл Йæ зæрдæ никуы сивдзæн Дездемонæ. , (Ягомæ) Цæсгомджын Яго, демæ уадзын æз Мæ хуры. Курын дæ, зæгъ-иу дæ усæн, Иæ цæст æм дарæд; уыйфæстæ дын фадат Куы фæуа, уæд сæ дыууæимæ рацу. Цæй, цом, уæдæ, мæ дуне Дездемонæ, Мæ бон æрмæст у иуиæг сахат раттын 27
Нæ митæ ’мæ нæ уарзондзинадæн. Нæ авналæнтæн рæетæг у сæ хицау. , Ацæуы Дездемонæимæ. Родрито. Яго! Яго. Цы зæгъдзынæ, мæ хорззæрдæ хæлар? Родриго, Куыд æнхъæлыс, цы бакæнынмæ хъавын æз ныртæккæ? Яго. Æз афтæ ’нхъæлын, æмæ ды ныртæккæ ацæудзынæ хуыссынмæ. Родриго. Æз ныртæккæ ацæудзынæн æмæ доны мæхи баппардзынæн. Яго. Гъе, ды афтæ куы бакæнай, уæд дæ æз нал уарздзынæн. Иыр дæ уый цæмæн бахъуыди, сæрхъæн адæймаг? Родриго. . Сæрхъæндзинад цæрын у — цард хъизæмар куы уа, уæд; нæ хæс та амæлын у, мæлæт нын фервæзы- ны хос куы уа, уæд. Яго. Уый ницы у! Æз мæлæтмæ кæсын ныр 15 æмæ но- джыдæр 20 азы, гъемæ хорз æмæ ’взæр кæрæдзийæ хииæн кæнын куы базыдтон, уæдæй нырмæ нæма фембæлдтæн, йæхи уарзын чи зоны, ахæм адæймагыл. Нæ, æз дын мæхицæй куы зæгъон, уæд, иу цæйдæр хъулон-мулон сылгоймаджы бауарзыны тыххæй мæ- хи доны баппарыны бæсты, фæлтау сразы уаин мæ адæймаджы ном маймулийы номæй баивыныл. Родриго. Омæ цы бакæнон? Бæргæ, мæхимæ дæр худииаг кæсы, афтæ кæй бауарзтон, уый, фæлæ мæ зæрдæйы басæттын мæ бон нæу! Яго. Дæ бон нæу? Уый æнцон у! Ахæм науæд æндæр- хуызон уæм, уый махæн нæхицæй аразгæ у. Нæ буар у нæ цæхæрадои, нæ фæндондзинад та уым у цæхæ- радонгæнæг; уымæ гæсгæ нæхи бар у, пысыра дзы 28
садзæм, салат дзы байтауæм, зæрæстон æй ныууа- дзæм, æви дзы хъæддаг кæрдæг сырæзын кæнæм; иу кæрдæг дзы байтауæм, æви алыхуызон кæрдæ- джытæ; науæд’ нæ зивæгæй нæ цæхæрадоны зæхх чъырццбын уа, æви сойбын — се ’ппæт уыдонæн тых- дæттæг æмæ аразæг у нæ бархъомысæй кæнгæ. Нæ царды тæрæзтæн сæ иуыл зонд æвæрд куы иæ уаид, иннæрдыгæй та æмбудындзинад, уæд нæ туг æмæ не ’рдзои чъизи митæ мах бафтыдтаиккой стыр.æвир- хъау митыл; фæлæ нæм зонд ис, зонд, æмæ нæ уый хъахъхъæиы не ’рра митæй: нæ буары цыбæлтæн зонд хæцы сæ рохтыл. Нæ, мæ хур, ды уарзондзинад кæй æнхъæлыс, уый мердыгонау хуымæтæджы билцъ у, мæллæг тала. Родр иго. Афтæ нæ уыдзæи. Яго. Ай-гъай, æрмæст моидагмæ тырнындзинад, хъа- руйы лæмæгъ миниуæг. Цæй хорз! Лæгау лæг у! Иæхи фæдæлдон кæндзæн! Фæлтау дæлдон кæн гæ- дыйы лæппынты æмæ куырм къæбылаты. Æз мæхи рахуыдтон дæ хæлар æмæ, бауырнæд дæ, демæ фи- дар бæидæнтæй баст дæн, æмæ дын ныры хуызæн мæ бон никæд уыд баххуыс кæнын. Æхца ныккæ де ’хца- доны, цæугæ хъæбысæй хæцынмæ, дæ цæсгом раив кæнгæ зачъейæ, æрмæст, хъусыс, æхца ныккæн де ’хцадоны. Нæй уæвæн, Дездемонæйы уарзондзинад маврмæ бирæ ахæсса, уымæн. Нæй уæвæн, мавр Дез- демонæйы бирæ фæуарза, уымæн дæр. Уыцы уарзон- дзинад райдыдта тухгæдымгæйау æмæ, фендзынæ йæ, фæуыдзæни тухгæдымгæйау, фæлæ ма ныууадз де ’хцадон æнæ ’хцайæ. Ныртæккае мавр мæтыхау хæрз- адджынæн цы хæринаг хæры, уый йын тагъд смаст уыдзæн хъылмайау. ДездемЪнæ хъуамæ йæ зæрдæ аива йе ’рыгоидзинады фæдыл: буарæй куы фелгъæд уа, уæд бамбардзæн йæ рæдыд. Ай-гъай, уый хъæу- дзæни æндæрмэё аивыи, æнæмæнг, хъæудзæни, гъеуый тыххæй хъуамæ ды æхца ныккæнай де ’хцадоны. Кæд дыи дæхи æнæбацарæфтыдгæнгæ нал ис, уæд- дæр, дæхи доны баппарыны бæсты, фæлтау равзар æхсызгоидæр чи уа, ахæм фæрæз. Æрæмбырд кæн æхца, дæ бон цас у, уыйбæрц. Кæд рабыр-бабыргæнæг æцæгæлон маврæн æмæ венециаг чызгæн сæ зæрдæты мæнг сыгъдæгдзинад æмæ æнаипп ардбахæрд мæ 20
цыргъ зондыл æмæ ’гас зындоныл нæ фæуæлахиз урй, уæд Дездемонæ бауыдзæн дæу, æрмæст æхца ссар. Цæй æдылы ми у хи доны ’ппарын! Цыма уый цы ратдзæни лæгæн!.. Фæлтау-иу дæхи ’рцауындз, дуне- йы хæрзиуджытæй дæхи бафсадгæйæ, уæддæр дæ)си доны ма баппар, æппын ницы бавзаргæйæ! Родрито. ’ Æмæ, уæдæ, мæ зæрдæ дарон, дæ фæндыл ацæу- гæйæ?.. Яго. Ды мæныл æппындæр дызæрдыг ма кæн... Ныр та - ссар æхца. Æз-иу дæуæн арæх дзырдтон æмæ та дын ныр дæр зæгъын,— мæ цæстысындз у мавр. Цæмæн — уый аххостæ мæм бирæ ис, дæумæ дæр дзы къаддæр нæй. Баиу сæ кæнæм, уæдæ, маст исынæн. Кæд дæ къухы бафта маврæн сыкъатæ ныссадзын, йæ усы йын байсгæйæ, уæд дæуæн — æхсызгон, мæнæн та — худæгæй бакъæцæлы хос. Бирæ ис рæстæджы хуыл- фы, тагъд чи райгуырдзæнис, ахæм цыдæртæ. Цæй, гъæй кæн æхца ссарынмæ. Райсом ыл аныхас кæн- дзыстæм бæстондæр. Фæндараст! Род»р«го. Райсом сæумæцъæхæй кæм фембæлдзыстæм? Яго. Мæнмæ. РОД’Р’ИГО. Рагацау дæм бауайдзыиæн. Яго. Фæндараст у. Æрмæст фехъуыстай, Родриго? Родр и го. Цы ма? Яго. Сыбыртт дæр иал дæхи доны баппарыныл, фехъуыстай? РОДР’И’ГО. Æз мæ фæнд аивтон. Ауæй кæндзынæн ме ’ппæт бынтæ дæр. Яго. Цæугæ æмæ рамбырд кæн фылдæр æхца... Р о д р иго ацщы. Гъе, афтæ, ахæм тутсæрты дзыппытæй Æз байдзаг кæнын ме ’хцадон. Уæдæ 30
Æз уый хуызæн сæрхъæнтимæ мæ рæстæг Дзæгъæлы хардз куы кæнин, уæд бынтон Мæ зонд, мæ иамыс уайдзæфæн куы раттин! Мæ удхæссæг у мавр. Ныхæстæ хъуысы, Цыма æхсæв мæ хуыссæнуаты уый Мæ усимæ мæ хæстæ кодта ’ххæст. Нæ зоныи æз, æиæг уа уыцы дам-дум, Фæлæ мæиæн гуырысхо дæр у фаг, Цæмæй йыл, раст æцæг цыма уыд, афтæ Мæ маст ныккалон. Мавр мæныл æууæнды — Мæ хъуыддаг уыйхыгъд бантысдзæн хуыздæр. Нæ, Кассио рæсугъд у... Ехх, цы ’гъдауæй... Дыууæ хатты хуыздæр уаид бæргæ — Йæ бынат ын куы ’рцахсин æмæ дзы Куы скæнип хорз æххæстгæнæг мæ фæидтæн! Фæлæ цыхуызы? Ахъуыды хъæуы. Æвзæр нæ уаид, цъус фæстæдæр æз Отеллойæн куы бацæгъдин йæ хъусы: Цыма йыи у йæ усимæ лымæн. Нæ, Кассио рæсугъд у тынг, æрыгон Æмæ цæрдæг; цыма зæххыл фæзынди Сылгоймæгты сæртæ зилын кæнынæн, Æмæ йыл мавр фæдызæрдыг уыдзæн Йæ усы тыххæй; уымæн та йæ зæрдæ У афтæ ’ргом, у ахæм æууæпдаг, Æмæ йæ хуыз цы лæг арæхса ивын, Уый фенхъæлы сыгъдæг æмæ цæсгомджын, Æмæ йæ уæд, хæрæгау, лас дæ фæдыл. Уæдæ лыг у! Гуырдз сæвзæрди. Мæ фарс Уыдзысты сау фыдгæнд æмæ зындон: Мах равдисдзыстæм ахæм ноггуырд, ахæм — Хæкъуырцгæнгæ кæуыл дзыназой адæм. Ацæуы.
1 СЦЕНÆ Денджызы былыл Кипры горæт. Террасæ. Бацæуынц Монтано æмæ дыууæ афицеры. Монтано. Гъы, ницы зыны денджызы? 1-а г а ф и д е р. • Нæй, ницы. Æрмæст тызмæгæй уылæнтæ дзыназынц, Æмæ нæ зыны иунæг пæлæз дæр Цъæх денджыз æмæ арвы астæу. МоЬтано. Дымгæ - Къуыззиттæй ниудта хус зæххыл, æз ахæм Æнахуыр хъызт нæма федтон нырма. Кæд денджызы дæр афтæ схъызыд, уæд Нæ науты фидар тулдзæй арæзт къултæ’ Нæ фæлæудзысты уылæнты ныхмæ. Цымæ, цы уац уыдзæни? 2-а г а ф и ц е р. Турчы флот Кæй ныппырх, уый. Кæд дæ нæ уырны, уæд Кæс уæртæ денджызы фынкалгæ былмæ,— Куыд тох кæнынц дзыназгæ уылæнтæ Бæрзонд æврæгъты ньтхмæ. Тухгæдымгæ Лæбургæ сисы денджызы урс барц , Æмæ йæ фехсы арвы рухс цырæгътæм, Цыма сæ раст хуыссын кæнынмæ хъавы. Хæрын уын ард, æз ахæм тызмæгæй Мæ цæрæнбонты никуы федтон деиджыз. 32
§\ о н т а н о. Ай-гъай, кæд.Турчы флот йæ наулæууæнмæ Нæ баирвæзтис рагагъоммæ, уæд Фæдæлдон ис. Нæй ахæм уады ныхмæ Фæлæууæн. I *Бацæуы 3-аг афицер. р-аг афи.цер. Гъей, синьортæ, уацхъуыд, уацхъуыд! Кæрон хæстæн! Къуыззиттæй ниуæг уад Фæцис хæрхæмбæлд Турчы ’феадыл фурды, Æмæ сæ сау фыдвæнд фæбадт сæ хъуыры. Венециаг иау федта йе сæфт Турчы Флотилийæн. Монтано. Æцæг уа уый? 3- а г а ф и ц е р. Ныртæккæ Æрбацыд уыцы нау нæ наулæууæнмæ. Уый у веройнаг нау. Æрбаздæхти йыл Микеле Кассио, хъæбатыр маврæн йæ адъютант. Отелло та ма ис Фæндагыл. Кипрæн мавр æрцыд æвзæрст Хъæбатыр хицауæй. М о н т а н о. Æхсызгон у Мæнæн йæ равзæрст. Маврæй сагдæр та Кæм уыдзæи хицау? 3- аг а ф и цер. Гъе, æрмæст нын Турчы Бынсæфты тыххæй стыр цины хабар Цы адъютаит æрхаста, уый йæхæдæг Æнкъард у тынг æмæ хуыцаумæ кувы, Цæмæй Отелло фервæза дзæбæхæй: Фæдзæгъæл ис, куы схъызыд денджыз, уæд. Мон та н о. Æз дæр хуыцаумæ кувын, мавры та нын Цæмæй мæлæтæй фервæзын кæна. Каеддæр уыдтæн йæ дæлбар кусæг æз — Нæй уый хуызæн дæсны фæтæг æфсадæн. Цом доны былмæ азилæм, ныртæккæ Цы нау æрбацыд, уый уынынмæ, кæд, Арв денджызимæ, иу цы ран кæны, Уым фениккам нæхи хъæбатыр мавры. 3 Шекспир
3-аг афицер. Цом! Алкæцы мицут дæр нæ хъæуы Кæсын æнхъæлмæ уазджытæм ныртæккæ. Бацæуы К а с с ио. Кассио. Салам хæстфндар Кипры ’хсарджын лæгтæн, Кæй равзæрстой цытджын Отеллойы Сæхицæн хистæр, уый тыххæй! Хуыцау ын Фæуæд æххуысдар а хъызты. Мæиæй Фæхицæн и, куы схъызыд денджыз, уæд. М о н т а н о. Йæ нау куыд у? К а с с и о. Нау фидар у, стæй йемæ Фæлтæрд, хæрзахуыр науыскъæрæг ис. Гъеуымæ гæсгæ мæн ныфс и уæддæр, Отелло иын кæй фервæздзæни, уымæй. X ъ æ р т æ фæссценæйæ: «Нау»! «Нау!» Бацæуы 4-æ м аф иц е р. К а с с и о. Цымæ, цæуыл уа уыдонæн сæ хъæр? 4-æ м а ф и ц е р. Горæты мидæг цъиуызмæлæг нал ис: адæм денджы- зы былмæ ракалдысты æмæ хъæр кæнынц «нау»у зæгъгæ. К а с с и о. Мæ ныфс мæм афтæ дзуры, цыма уый Отелло у. Сармадзаны хъæртæ. 2-а г а ф и ц е р. Салют дæттынц. Уый цин у! К а с с и о. Синьор, цу, базон, чи æрбацыд, уый, Æмæ иæм тагъд фæхабар кæи. 2-з г а ф и це р. Цæуын. (Ацæуы,) 34
Л^ о н т а и о. ’ к ] Дæ инæларæн ус ис, адъютант? 1у ас си о. Ай-гъай, уый амондджын куырд ракодта, Зæххыл æмбал кæмæн нæй ахæм чызджы. Кæд искæмæй ис раппæлæн, миййаг, Уæд раппæлинаг уый хуызæн нæма уыд: Рæсугъдæй, зондæй æрдз цы рафæлдыста, У уыдонæн сæ хуыздæр фидыц уый. Баздæхы 2-а г аф ице р. К а с с и о. Цæй, чи æрбацыд? . 2-а г а ф и ц е р. Иу цавæрдæр Яго, Инæларæн йæ поручик. К а с с и о. Æмбисонд! Куыд хорз æрхæццæ афтæ тагъд, уæдæ! Тызмæг уылæнтæ, ниуæг зилгæдымгæ, Тыхджын хъызт æмæ денджызон къæдзæхтæ — Æнаххос науы стыр ызнæгтæ — се ’ппæт Куы федтой ахæм сау рæсугъды, уæд, Мæлæтимæ цы тыхтæ уыд сæ къухы, Ныссабыр кодтой уыдоны, цæмæй Йæ фæндагыл æрхæццæ уа дзæбæхæй , Рæсугъд, уæларвон цардхуыз Дездемонæ. М о н т а н о. Уый чи у? К а с с и о. Уый — нæ хицауæн йæ хицау. Цæсгомджьш Яго уым урæд æрцыд, Цæмæй йæ тагъд æрластаид; æмæ йæ Къуырираздæр æрхæццæ кодта раст. , О стыр хуыцау, Юпитер, фервæзын кæн Отеллойы! Дæ тыхджын уддзæфæй Æрбадым науы п’арусыл, цæмæй нын йæ зынаргъ науæй самондджын кæна Нæ наулæууæн, цæмæй та йын рæхджы Йæ мондæгтæ, фæллады фæстæ, суадза Йæ хъæбысы уæларвон Дездемонæ; Цæмæй та ссудза махæн дæр нæ ныфс, Цæмæй та ’рхæсса сакъадахдзæрджытæн Хæрзæнцой рухс цард. Фæлæ-ма кæсут! 35
Бацæуынц Дездсмонæ, Э мили, Яго, Род лæггадгæнджытæ. Кæсут-ма: мæнæ иауы хъæздыгдзинад Æрлæууыд зæххыл. Кипры лæгтæ, Æрлæуут, цæй, уæ зонгуытыл йæ разы! Æгас нæм цу, синьорæ! Стыр хуыцау Кæддæриддæр дæ фæдзæхсæг фæуæд, Цытджын синьорæ! Д е з д ем о н æ. Стыр бузныг, синьортæ! Фæлæ-ма зæгъ, хъæбатыр Кассио, Мæ лæгæй мын цы хабар радзурдзынæ? К а с с и о. Нæма ис ам, фæлæ дын ныфс æвæрын: Сæрæгас у, уыдзæнис ам рæхджы. Дездемонæ. Уæддæр тыхсын: куыд фæхицæн сымахæй? К а с с и о. Ысхъызыд денджыз, раст хъаймæтау уыд... Фæлæ-ма хъусут: нау, дам! Фæссценæйæ хъуысы: «Иау, нау, йау!» Сармадзаны æхст. 2-аг'афнце р. Нæ хъусут? Фидарæн салют д&тты... Нæхиуæтты æхст у уый! К а с с и о. Базон-ма йæ. 2-а г афице р ацæуы. А, ’гас цу, Яго! (Эмилийæн.) Тас цæуай, синьорæ! (Ба йын кæны йæ къухæн.) Мæсты мæм ма кæн, хорз æгъдауджын Яго, Мæ ацы бархидзинады тыххæй; Мæнæн мæ бæсты ’гъдаумæ гæсгæ ис Бар ахæм узæлдтытæн.
к г о. 0, синьор! Р1æ былтæй уый куы рæвдауид дæу афтæ, Мæн йе ’взагæй куыд фæрæвдауы, уæд Æнæмæиг тагъд ысфæлмæцис. Дездемонæ. Цы дзурыс! Куы нæ у афтæ бирæ дзураг. Яго. Нæу, дам! — Сыгъдæг гæркъæраг. Алкæд дæр изæрæй, Куьт фæхуыссын, уæд уый мæ уд фæзоны. Куы уа дæлдуры, бамбæхсы уæд йе ’взаг йæ зæрдæйы, йæхинымæры та Мæн фелгьиты. Э м и л и. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, Цæмæй фæдæн, уæд, азымджын дæ разы? Яго. Уæдæ, уæдæ! Сымах æдде куы вæййут, Зæдтæ стут, уæд; æхсæв та хуыссæиы — -Дзæпгæрджытæ; хæринаг фыцгæйæ — Гæдытæ раст; сыгъдæгудтæ вæййут, Куы ’лгъитат искæй; хæйрæджытæ та — Уæхи уьш лæг куы бафхæры, гъеуæд; Хæдзарад у уæ хуыссæн, хуыссæн та уын— Хæдзарад. Д е з д е м о н æ. Фи! Æдзæсгом, хахуырдзурæг! Яго. Нæ, раст у уый, уæд туркаг фестон æз. Сымах хуыссæнæй ахъазынмæ сыстут, 1 Фæлæ куы схуыссут, уæд вæййут уæ куысты. Э м и л и. Цæй, цæй! Дæумæ нæ бахатдзьщæн æз, Зæгъгæ, ныффысс мыл раппæлыиæн исты. Яго. Æниу мæм бахат. Дездемонæ. Уæд, мæныл та ды Цы ныффыссис —щ куы мæ хъæуид æппæлын? Яго. О рухсзæрдæ синьорæ, ма мæм бахат: Æз фауыныл фæцахуыр дæн æрмæст. >&7
’ Дездемонæ. Уæдæ нæ хъæуы. Наулæууæнмæ исчи Кæсынмæ ацыд? Я г о. Ацыди, синьорæ. Дездемонæ. Мæ зæрдæ ’хсайы тынг, фæлæ уæддæр Мæхи æвдисын хъæлдзæгæй сæ цуры.— Уæдæ, мæыæй куыд раппæлис, зæгъыс? Яго. Æз дæр ныртæккæ ууыл хъуыды кодтон; Мæ сæры уыйбæрц хорз хъуыдытæ бацыд Æмæ тæрсын, куы атона, миййаг. Фæлæ-ма хъус, рæсугъд синьорæ, музæ Мæ хъуыдыты куыд æппæлы дæуæй: Зонд &мæ хæрзрæсугъддзинад Æрдз сылгоймагæн куы ратты, Уæд вæййы йæ амонд зонды, Иæ сæфт та — рæсугъддзинады. Дездемонæ. Иттæг хорз у! Фæлæ уæд зонды хицау Куы уаид иу фыдцъылыз ус, уæд та? Яго. Зондджын ус куы уа фыдцъылыз, Иу лæг æм уæддæр фæкæсдзæн, Æмæ уый зæрдæмæ, баууæнд, Фыдцъылыздзинад фæцæудзæн. Дездемонæ. Цæф дæм нæ хъары — уый та дын рæхуыст! Эмили. Æмæ рæсугъд куы уа, фæлæ æдылы? Яго. Нæ, рæсугъд усæн, синьорæ, Нæй æдылы уæвæн: уымæн Алы хатт дæр йе ’дылы сæр Баххуыс кæндзæн цот кæнынæн. Дездемонæ. Уыдон се ’ппæт дæр сты цæлгæнæнты мидæг сæрхъæнты бахъæлдзæг кæнынæн æрымысгæ æдылы парадокстæ. Фæлæ цавæр тæригъæддаг æппæлд ра- кæнис, æдылы æмæ тьшг ^фыдуынд цы ус уа, уымæй та? 38
Яго. Зондæххæст рæсугъд ус саби Цавæр мадзæлттæй ныййары, Тынг фыдуынд, æдылы ус дæр Уыцы куыстæн уыдон ары. Дездемонæ. О, цы сæрхъæндзинад у! Æппæты ’взæрдæрæн æппæты хуыздæр аргъ! Уæд цы зæгъис, æцæг рап- пæлинаг чи уаид, йæ хорз миниуджытæ зонгæйæ, фыдæвзагдзинадæн дæр йæхи чи раппæлын кæиид, ахæм усæй та? Яго. Ус йæ рæсугъдæй æндæртæм Кæд сæрыстырæй нæ кæса, Æмæ кæд дзырдарæхстæй дæр Уый йæ дзæнгæда нæ хæсса; Ус хæрз хъæздыгæй дæр бара&й Кæд хуымæтæг дарæс дара, Бирæ йæ кæй нæ фæхъæуы, Уый бæстон-бæлвырд куы ’мбара; Ус, куы йæ бафхæра исчи, Уæд, йæ бон куы вæййы ’фхæрын, Уæддæр уыцы маст куы бары,— Рохуаты йæ арф куы ’вæры; Ус йæ диссаг зондæй дардыл Раст рæсугъд хурау куы ’рттива, Кæсагæн йæ фæлмæн къæдзил Йе стæг сæрыл кæд нæ ива; Ус йæ бирæ сау хъуыдытæ Адæмæй дзæбæх куы ’мбæхса Æмæ йæ цы лæгтæ уарзынц, Уыдонмæ æргом нæ кæса,— Иудзырдæй, уæд ахæм хорз ус — Кæд ис ахæм ус нæ зæххыл, Уæд уый, чи зоны, мæ сбæзза... Дездемонæ. Цæмæн? Яго. Сæрхъæнтæ арынæн æмæ, хæдзары цал бæгæ- иыйы къусы бахардз ис, уыдон фыссынæн. Дездемонæ. О, цы лæмæгъ æмæ йын æнæрхъуыды ’взæр кæ- рон сарæзта! Мацæмæй йæ бафæзм, Эмили, дæ мой з»
, кæд у, уæддæр. Дæумæ куыд кæсы, Кассио,, йæ хъуыды æдзæсгом науæд æлгъаг нæу? К ас си о. Уый уæздан ныхæетæн ницы зоны, синьорæ. Ды йæ бауарздзынæ куыд ахуыргонд лæджы нæ, фæлæ тынгдæр — куыд салдаты... Яго (иннæрдæм). Йæ къух ын бакодта йæ дæларм! Хорз, кæнут уал сусу-бусу. Ахæм лыстæгуæфт хæлуарæджы тыны ис стыхсын кæнæн суанг Кассиойы хуызæн егъау бын- дзы дæр. Хорз, хорз! Худ æм дæ мидбылты. Æз дæ сбæстытæ кæндзынæн дæхи уæздандзинадæй. Ай- гъай, уый афтæ уыдзæн: ды, раст мæн чи хъæуы, уый кæныс. Дæ уыцы хъæзтытæ дын дæ службæйы бынат кæм айсдзысты, уым фæлтау де ’ртæ æнгуылдзы аф- тæ арæх куы нæ батæ кодтаис, фæлæ та уæддæр ды уый кæныс, цæмæй дæхи уæздан адæймаджы хуызы равдисай? Иттæг хорз! Замманай ба, диссаджы уæ- здацдзинад! Циу уый — ног та былтæм — æнгуылдз- тæ? Тынг мæ ба’фæндид, уыдон дын хуылфæнхъæвзæн трубкæтæ куы фестиккой! (Трубаты уаст). Уый мавр у! Иæ трубаты уастæй бæрæг у. К а с с и о. Бæлвырд у, раст у. Дездемонæ. Цомут-ма йæ размæ. Кассио. Æрбахæццæ. Бацæуы 0 т е лло фæсдзæуинтимæ. О те л л о. О м’ахсджиаг хъæбатыр! Дездемонæ. О м’ахсджиаг Отелло! О т е л л о. Диссаг, диссаг! Уæдæ мæнæй куыд фæразæй дæ ардæм?! О ме стыр рухс, мæ зæрдæйы лæууæн, Куы уаид алы удхæссæг хъызтæн дæр | Иæ фæстæ ахæм сабырдзинад — уадз, Уæд уады ниудæй райхъал уа мæлæт дæр: Олимпы хохау, фурды стыр уылæн йæ тæккæ цъупмæ фехсæд-иу мæ науы, 40
Цæмæй-иу æй ныззыввытт кæна, раст, Зындоиау, арф уылæнты тæккæ бынмæ! Ныртæккæ мæн куы бахъæуид мæлын, Мæлæт уæд райсинхорз амондау, уымæн Æмæ ныр афтæ амондджын дæн æз, Æмæ тæрсын, мæ ромбоны, миййаг, Куынæуал фенон уый хуызæн хæрзамонд. Дездемонæ. О, нæ! Хуыцау зæгъæд, цæмæй фæстагмæ Нæ царды бонты ноджы тынгдæр рæза Нæ сабырдзинад уарзондзинадимæ! О те л л о. Амин, уæларвон дуæгтæ! Нæй ныхасæй Зæгъæн ныртæккæ ме ’стыр цинæн, ам Æрæмбырд ис. Æгæр ныррухс мæ зæрдæ. (Ба кæны Дездемонæйæн.) Кæд цардæнис æгæр уарзынæй хæлæн, Уæд уый фæуæд нæ цардхалæг æрмæст. Я го (иннæрдæм). О, ныр сымах зæрдæрухс ыстут тынг, Фæлæ уын æз, уæ удты иу цы кæны, Уый басудздзынæн, се ’хсæн уын гармони Куыд нæуал уа. Хæрын æз ууыл ард! Отелло. Цом галуанмæ. Цæй, ме ’рдхæрдтæ, хабар уын: Фæци нæ хæст. Фæдæлдон Турчы флот. Куыдтæ сты ам та, Кипры уæд, зæгъут-ма, Мæ рагон зонгæтæ? (Дездемонæмæ.) Дæуыл, мæ уд, Ам цинæй райгæ фембæлдзысты адæм: Мæн ивгъуыд бонты бирæ уарзтой ам. О, м’ахсджиаг, фырæхсызгондзинадæй, Фырамондджынæй дзурын æз æгæртæ! Дæ хорзæхæй, мæ дзæбæх Яго, бауай Ды наулæууæнмæ, рахæсс демæ хæлц, Æмæ мæм демæ коменданты ракæн: Ныфсхаст лæг у æмæ йæ бирæ уарзын. Цæуæм, уæдæ, мæ зынаргъ Дездемонæ! Зæгъын та дын æгас цу ногæй Кипры. 4!
О т е аао, Дездемонæ æмæ фæ сдзæу инхæ ацæуынц. Я г «о (фæсдзæуинтæй иуæн). Цæугæ æмæ-иу мæм кæс æнхъæлмæ наулæууæны. (Родригомæ). Гъе, гъе, Родриго, кæд ма дæ зæрдæйы лæгдзинад ис,— афтæ фæдзурынц, лæг, дам, бауарз- гæйæ хæларзæрдæ свæййы, уый æрдзæй йæ зæрды- хатты куы нæ фæвæййы, уæддæр,— уæд мæм хъусгæ. Ахсæв, галуан хъахъхъæнгæйæ, хистæр уыдзæни адъ- ютант. Фæлæ дын рагацау хъуамæ зæгъон, Дездемо- нæ æнæмæнг уарзы уый. Р о д р и г о. Ау? Нæ, уый уæвæн нæй! Яго. Дæ былтыл де’нгуылдз сæвæр,— мæнæ афтæ,— æмæ хъус. Æрхъуыды-ма кæн, раздæр цавæр монда- гæй бауарзта мавры — æмæ уый æрмæст маврæн йæ- хн 'Стауыпдзинад æмæ йе ’рымысгæ, йæ фантастикон таурæгъты тыххæй. Ау, æмæ йæ мыггагмæ уарздзæн йæ гæды дзæнгæдайы тыххæй? Ды, кæй зæгъын æй хъæуы, уыйбæрц рæузонд нæ дæ, æмæ не ’ууæндыс, фæлæ Дездемонæйы цæстытæ рæсугъддзинадмæ бæл- лыиц, æмæ йын æхсызгон у æнæзæгъинагмæ кæсын? Уарзондзинады хъæзтытæй йæ мондæгтæ куы ахуыс- сой, уæд уыдон ногæй ссудзын кæнынæн хъæуы тæ- мæнтæ калæг цæсгом, уацаргæнæг æрыгондзииад, æгъдæутты хæрзаивдзинад, иудзырдæй, маврмæ чи нæй, уыдон сегас дæр. Гъемæ уыцы миниуджытæ агургæйа* Дездемонæ рахатдзæни йæ сыгъдæг сонт зæрдæйы рæдыд æмæ маврæй фыццаг æлгъæд фæуы- дзæни, стæй та йын суыдзæни æлгъаг æмæ цæсты- сындз. Æрдз æй йæхæдæг æркæндзæн уымæ æмæ йæ сардаудзæн ног къай равзарыныл. Гъеныр, мæ хæ- лар, дæхæдæг ахъуыды кæн, чи хъуамæ ссара ахæм амонд Кассиойæ раздæр,— уыцы рогбазыр, цæстфæл- дахæг Кассиойæ, алы мæнгард æмæ хинæйдзаг хæ- лардзинады бын йæ хæлд чъизи митæ чи ’мбæхсы?.. Ничи, иунæг дæр нæ... Уый кæлæнгæнæг æмæ арæхст- джын цæстфæливæг у; уый иттæг хорз фæцырд вæййы фадæттæй спайда кæнынмæ: йæ дыдзæсгомдзинады фæрцы зоны йæхи тынг раст зæрдæйы хицау æмæ æгъ- дауджынæй равдисын, кæд æм уæвгæ хорздзинадæй ницы ис, уæддæр... Хæйрæджы амæттаг кæлæнгæнæгу! 42
Уæдæ, стæй ноджы уыцы сайæгоймæ ис æрыгондзи- над, рæсугъддзинад, цыбыр ныхасæй, æдылы æмæ цæрæццаг зæрдæ цæстуарзонæй кæй агуры, уыцы миниуджытæ сегас дæр. Уый æнæхъуэджы дæсны цæстфæлдахæг у, æмæ йын Дездемоиæ ныридæгæн дæр йæ уыцы тых бавзæрста... Р од р и го. Мæ бон нæу ууыл баууæндын: Дездемонæйæн ис ахæм сыгъдæг зæрдæ!.. Яго. Дæлдзæх фæу дæ сыгъдæг зæрдæимæ! Ау, Дезде-. монæ цы сæн нуазы, уый сæнæфсирæй дыгъд нæу? Уымæ зонды мур куы уаид, уæд мавры никуы бауарз- таид. Сыгъдæгзæрдæ, дам, хæйрæджы фæддзæгъдæн! Дæхи цæстæй нæ федтай, Кассиойы къухыл куыд хæцыдис, уый? Дæ цæст æй нæ ацахста? Р о д р и г о. О, уый федтон, фæлæ уый уыдис хуымæтæджы æгъдау дæттын. Яго. Нæ, уый хæлддзинад у,— ард дын хæрын мæ къу- хæй, уый у райдайæн, æбуалгъ пролог хæлд æмæ чъи- зи хъуыдытæм. Сæ былтæ афтæ ’ввахс уыдысты кæ- рæдзимæ, æмæ-иу сæ иуы улæфт аба кодта иннæйьг улæфтæн. Æнаккаг хъуыдытæ сæм и, Родриго! Ахæм хъæрмуддзинад сæм кæм фæзындис, уым тагъд ра- хиздзысты сæ ахъаззагдæр фæнд — буарæй сæмбæ- лынмæ.. Нæ, Родриго, бар мын ратт дæ разамонæг уæвынæн: ау, æз дæ куы ’рцæуын кодтон Венецимæ. Ахсæв-иу хъахъхъæнджытимæ у, æз бацархайдзынæн, цæмæй дæ снысан кæной уырдæм. Бацархай Кассио- йы истыхуызы бамæстджын кæныныл: кæнæ хъæрæй дзургæйæ, кæнæ йæ бæридзырдыл кæл-кæл кæны- нæй... науæд та, амал дын цæмæй фæуа, ахæм æндæр истæмæй. Р о д р иго. Хорз. Яго. Кассио мæстыйæ рог æмæ схъиуаг у, чи зоны дæ цæвгæ дæр ныккæна йе ’хсаргардæй — афтæ-иу ба- кæн, цæмæй дæ барæхойа — уымæн æмæ комкоммæ уый фæрцы æз бамæсты кæндзынæн кипрæгты, æмæ бунт ныссабыр кæнынæн бахъæудзæии Кассиойы йæ ■ бынатæй сисын. Гъе, афтæмæй дæуæн хæрз тагъд дæ 43
къухты бафтдзæни дæ фæндон баххæст кæнын æмæ нæ иумæйаг æхсызгондзинады цæлхдур æицонæй аиуварс кæныи. Р о д р и г о. ’Æз баххæст кæндзынæн дæ фæдзæхст, кæд мын фадат фæуа, уæд. Я г о. Фадат саразын дын — мæ быгъдуан. Фæстæдæр-иу рацу фидармæ, æз та ныртæккæ цæуын наулæууæн- мæ мавры дзаумæттæм. Хорз байрай! Р о д р и г о. Хæрзизæр! (Ацæуы.) Яго. Кæй йæ уарзы нæ Кассио — уырны мæ; йæхи дæр ын кæй уарзы Дездемонæ, Нæу уый дæр тынг дызæрдыггаг. Кæд мавр Мæнæн цæстысындз, уæнгæл у, уæддæр Сыгъдæгцæсгомджын, раст адæймаг у Æмæ уыдзæн хæрз аккаг мой, æнæмæнг, Йæ рæсугъд Дездемонæйæн. Ыстæй, Æппынфæстаг, кæд сонт лæппуйы уарзтæй Нæ уарзын Дездемонæйы, кæд мæм Тæригъæдтæ иæй иннæ лæгтæй къаддæр, Уæддæр æй уарзын æмæ хъуамæ райсон Мæ маст æз маврæй: дзуры мæм мæ зæрдæ, Цыма мæ уаты уыцы хæлд, æнаккаг Хуыссыди цалдæр хатты. Уыцы маст мын Мæ зæрдæ маргау судзы, æмæ нæй Мæ хъизæмарæн банцайæн, йæ усæй Уый цалынмæ мæ усы тыххæй хæс Нæ бафида; куы нæ бантыса, уæд Йæ усыл мавры ахæм гуырысхойы Ныппардзынæн,— цыфæнды зондджыиæн дæр Йæ бон кæй нал уа адзæбæх кæнын. Æцæг мын а венециаг æнаккаг — Иæ даргъ фындзæй кæй ласын, уый — мæ фæнд Куы нæ ныкъкъуылымпы кæнид; цæмæй Æгар тæлтæгсæр ма уа, уый тыххæй Мæ куыст ыскæнон Кассиойы хъуамæ Æнаккаг хуызы бавдисдзынæн маврæн Æз уый цæсгом. Тæрсын тыхджын, миййаг мын 44
Куы ныссадза нæ Кассио сыкъатæ. Мæн уарздзæн мавр, кæндзæн мын алкæд арфæ, Хæрæгау æй кæй ласын æмæ йæ Æнцойадæй æррайадмæ кæй хонын. Мæнгарддзинад уæдмæ вæййы æмбæхст, Суа цалынмæ æгасæй дæр^æххæст. Ацæуы. 2СЦЕНÆ Уынг. Бацæуы хабаргæнæг æд гæххæтт. Йæ фæдыл — адæм. Хабаргæнæг. Цæстуарзон æмæ хъæбатыр инæлар Отеллойы фæнды, цæмæй ныртæккæ цы бæлвырд хабар райстам туркаг флоты фесæфты фæдыл, уымæ гæсгæ алы кип- раг дæр æвдиса йе стыр циндзинад: чи кафтæй, чи хиирхæфсæн æртытæ кæнгæ, стæй кæмæн йæ зæрдæ цы зæгъы, ахæм хъæлдзæгдзинадæй, уымæн æмæ ма уыцы ципæй уæлдай мавр ноджы кæны чындзæх- сæв дæр. Æмæ хъусын кæны алкæмæн дæр, зæгъгæ, галуаны дуæрттæ се ’ппæт дæр сты гом æмæ дзы ал- кæмæндæр йæ бон у нозт æмæ минасы бадын ныр- тæккæйы фондз сахатæй иуæндæсмæ. Уæларвоп бар- дуаг йæ хорзæх раттæд Кипрæн æмæ нæ хъæбатыр инæлар Отеллойæн! Ацæуы. 3 С Ц Е Н Æ Зал галуаны. Бацæуыщ Оте лло, Дездемонæ, К а с сио æмæ фæсдзæуинтæ. Оте л л о. О, Кассио, мæ хорз хæлар, æрлæуу Дæхæдæг хицау хъахъхъæнджытæн ахсæв. Нæ службæ хъуамæ макæд кæнæм рох Нæ ции æмæ нæ хъæлдзæджы сахатыл. 45
Кассио. Æз бафæдзæхстон Ягойæн æппæтдæр, Фæлæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд/мæхæдæг Фæлæудзынæн хæрзцæрдæг. Отелло. Яго тынг Æууæнкджын у. Цæй, ныр хæрзæхсæв у. Кæсдзынæн дæм æнхъæлмæ райсом раджы. Хъæудзæи мæ демæ баныхас кæнын. (Дездемонæмæ.) Цом, ме стыр хур. Нæ хъуыддаг махæи конд у, Æмæ у афон æз æмæ дæуæн Нæ циндзинæдтæ адих кæнынæн. Хæрзæхсæв ут. О т е лло, Дездемонæ æмæ ф æ с д з æ уинтæ ацæуынц~ Бацæуы Яго. Кассио. 0, Яго! Æгайтма ’рбацыдтæ: афон нын у хъахъ- хъæнæг слæууынæн. Яго. Нырма раджы у, адъютант: дæс сахаты нæма ныц- цагъта. Инæлар нæ афтæ раджы уымæн ныууагъта æмæ Дездемонæмæ смондаг ис... Уæвгæ, уый тыххæй йæ азымджын рахонæн дæр нæй: нырма йемæ иу æх- сæв дæр нæ арвыста, ахæм сылгоймаг та æхсызгон- дзинад раттид суанг Юпитерæн дæр. К а с с и о. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсынц! Яго. Стæй — ард дын хæрын — цæхæрæй уæлдай нæу! К а с с и о. Ай-гъай, уый у, æрдз йæ уæлæ кæй сфæлдыста, уыдонæн се ’ппæты сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр. Яго. Иæ цæстытæ, йæ цæстытæ! Лæджы сæхимæ ласынц баныхасмæ! К а с с и о. » 0> химæ ласынц, стæй уыимæ — хæдæфсармдзина- дæй се ’дзаг сты.
Æниу иыхас куы фæкæны, уæд адæймаджы зæрдæ арты нæ баппары? К а с с и о. Бæгуыдæр, раст зæгъын хъæуы, уыцы сылгоймаг æрдзы фидауц у. Яго. Амондджын уæд сæ бафидауæн бон! Гъемæ, адъю- тант, мæнмæ дæу тыххæй ис иу сæны авг; мæнæ ам та нæ цуры ис иукъорд кипраг лæппуйы- æмæ сæ фæнды сау Отеллойы цæрæнбоны тыххæй бануазын. Ка ссио. Ахсæв — нæ, сызгъдæгзæрдæ Яго! Сæн æгæр тых кæны мæ сæрæн. Мæн фæнды, нæ лымæитæ хи ба- хъæлдзæг кæнынæи æндæр исты мадзал куы ’рымы- сиккой. Яго. Омæ уыдон се ’ппæт дæр нæхиуæттæ куы сты. Æр- мæст фæйнæ нуазæны — æндæр нæ. Æз, æвæццæгæн, дæ цæрæнбоны тыххæй нуаздзыиæн. Ка ссио. Аизæр æз иунæг нуазæн бануæзтон, уый дæр до- нимæ хæццæйæ, фæлæ уыныс, куыд мыл фæзынди! Нæ, æз зоным мæ лæмæгъдзипад æмæ йæ нал ба- фæлвардзынæн ногæй. Я го. Омæ æхсæв хъæлдзæгдзинады ’хсæв куы у. Нæ лы- мæнтæ курынц... Ка с сио. Кæм сты, кæ? Яго. Уæртæ ипнæ хатæиы. Дæ хорзæхæй, рахон сæ ардæм. К а с с и о. Хорз, фæлæ мæ зæрдиагæй нæ фæнды. (Ацæуы.) Яго. Æрмæст ма иунæг, иунæг иуазæн бафтæд, Кæй банызта, гъеууыл, æмæ уæд Раст не ’хеины куыдзæй рæйагдæр фестдзæн, Хылгæнагдæр æмæ хъæхъхъагдæр. Ацы Сæрхъæн Родриго, судзгæ уарзондзинад Кæй зонд ныббырста, уый, йæхи быитон 47
Ныррасыг кодта ’хсины цæрæнбонтæн. О, стæй ма ноджы срасыг кодтон æз Хæстуарзаг Кипры хъахъхъæнæг лæппутæй Æртæйы рады лæугæйæ. Ныр ма мын Ис иу хъуыддаг, æз бакæндзынæн афтæ, Цæмæй сæ астæу уыцы рдсыгтæн Хыл рауайа нæ Кассиойы къухтæй,— Уæд æм фæуыдзæн сакъадах хæрам. Гъе, мæнæ сты! Кæд бирæ нæ — хæрз чысыл Мæ фæндтæй исты сæххæст уа, уæддæр мæ Мæ науы пæлæз дымгæйы фæдыл Тагъд ахæсдзæни фурды уылæнтыл. Бацæуынц Кас с ио, М онтано æмæ цалдæр кипраг афицер ы. К а с сио. Ард хæрын хуыцауæй, барасыг мæ кодтой. М о и т а н о. Уанцон нæу: иу къаннæг нуазæнæй? Иу нуазæнæй та цы тас у салдатæн! Я го. Гъей, ноджы сæн! (Зарьи) Уадз нуазæнтæ ныр Зыланг кæной цырд, Уæд нуазæнтæн цины бынат! Салдат дæр лæг у, Цард тынг цыбыр у,— Циу, уæдæ? Уадз, нуаза салдат! Гъей, дзагдарджытæ, сæн! Бахæссынц сæн. К а с с и о. Диосаджы зарæг, уæд мæ сæр амæлæд! Яго. Æз уый Англисы базыдтон. Гъеуым зонынц, куыд æмбæлы, афтæ нуазын! Нуазынмæ уæ даниæгтæ, уæ немыц, уæ хытъынджын голландиæгтæ мурдæр ницы марынц англисæгты раз. Ка сси о. Ау, уæ англисæгтæ афтæ сгуыхынц анцъухынмæ? 48
Яго. Уæд мард ысты! Нозтæй даниаг йæ къæхтыл куы нал фæлæууы, немыдаг дзы мардау куы ныддæргъ вæййы, голландиаг та дзы омын куы райдайы, уæд англисагæн йæ хъуыртты дæр нæма фæзыны. К а с с и о. Нæ инæлары цæрæнбонтæ! М о н т а н о. Æз дæр нуазын уый тыххæй, адъютант. Дæуæй фæстæдæр нæ баззайдзынæн. Яго. О мæ удлæууæн Англис! (Зары.) Король Стефан-вельможæ уыд мæрддзæст: Уыди йæ хæлаф кроны аргъ æрмæст; Фæлæ дзы хуийæг асайдта дывæрæй, Æмæ йæ король фелгъыста хъæбæрæй. Уыди уый бонджын, бирæ йæм уыд ис; Дæ уæнгты та хæрз чъизи туг куы ис. Æгæр хардзæй, дам, не сæфт уыдзæн махæн — Фæлæ дæ уæлæ зæронд плащ æрбакæн!.. Гъей, сæн ноджы! К а с с и о. ’ Уыцы зарæг та иннæмæй ноджы хуыздæр у. Яго. Фæнды дæ, уæд ма йæ иу хатт азарон. К а с с и о. Нæ, уымæн æмæ афтæ чи кæны, уый, мердьигонау, нæу йæ бынаты аккаг. Фæлæ хуыцау кæмæйдæрид- дæр хистæр у: ис ахæм удгоймæгтæ, дзæнæтмæ чи нæ бахаудзæн. Яго. Иттæг раст зæгъыс, хæларзæрдæ адъютант. К а с с и о. Мæхицæй уын куы зæгъон, уæд, æцæг, инæлары кæнæ мæ иннæ зонгæтæй искæй бафхæрыны фæдыл ма фæуæд, фæлæ мæн ныфс ис дзæнæтмæ бахауынæй. Яго. " Æз дæр мæхи тыххæй раст афтæ ’нхъæлын, адъю- тант. К а с с и о. О, фæлæ — зонгæйæ фæуæд — ды мæнæй раздæр 4 Шекспнр 49
нæ бахаудзынæ: адъютант хъуамæ дзæиæтон дунемæ раздæр бацæуа поручикæй. Æниу, цæй, афон нын у хъуыддагмæ бавналынæн! Хуыцау, бахааыр нын кæн нæ тæригъæдтæ! Синьортæ, батындзут! Афтæ ма фен- хъæлут, синьортæ, ома, æз расыг дæн... Мæнæ уын уый — мæ поручик, мæ рахиз цонг, мæнæ уый та — мæ галиу цонг. Æз расыг нæ дæн. Æз мæ къæхтыл лæууын дзæбæх æмæ дзургæ дæр кæпын дзæбæх. С е ’п п æт. Дй-гъай дæр, тыпг хорз! Каесио. Иууыл хорз! Гъе уæдæ мæ расыг ма фенхъæлут... (Ацæуы.) Мо н т а н о. Террасæмæ, синьортæ! Цомут, æрæвæрæм хъахъхъæнджытæ. Яго. Уынут, куыд тыиг фæрасыг адъютант? Бæргæ нæ лæууид Цезæрæй ныллæгдæр Æфсады стыр фæтæгæн, фæлæ йæ Хъыгдары ацы стыр лæмæгъдзинад. йæ сахъат дæр йæ хорз митау егъау у. Тæригъæд ын кæнын! Тæрсын, миййаг, Иу ахæм ран, Отелло йыл цы ’ууæнк Æвæры, уый нæ кипрæгтæн фыдбылыз Куы расайа! М о н т а н о. Ау, арæх вæййы расыг? Яги Кæддæриддæр йæ бафынæйы размæ. Нæ йыл æрхæцдзæн хуыссæг, цалынмæ йын Йæ сыптæг нозтæй аузай, уæдмæ. М он т а н о. Уый бакой хъæуы инæларæи уæд: Кæд æй, миййаг, нæ зоны, кæнæ йæ Нæ фæыды фепын адъютанты ’взæрæй, Цæмæй йæ цæсты кадджындæр уа. Нæ? Бацæуы Р од р иго. Я го (сусæгæй). Родриго дæ? Цæмæп? Æвæстиатæй Цæугæ йæ фæдыл Кассиойæн. Тагъд! 50
Родриго ацæуы. М он т а н о. Мæнæн хъыг у, нæ хæрзæгъдау сæргълæууæг Кæй радта ахæм стыр сахъатджынæн Йæ бæрнон адъютанты бынат; махæн Нæ хæс у уый Отеллойæн зæгъыи. Яго. Ай-гъай, фæлæ нæ бакæнин æз афтæ, Æгас Кипр мын куы дæттиккат, уæддæр. Æз Кассиойы тынг уарзын; бæргæ мæ Тыхджын фæнды йæ адзæбæх кæнын Йæ уыцы низæй... Цавæр хъæр у уый та? • Фæссценæйæ хъуысы: «Амардта мæ!» Базгъоры К а с сио Родрыгойы сургæ. К а с с и о. Æнаккаг сырд! М о н т а н о. Цы ’рцыди, адъютант? Кассио. Цъыфхор! Мæ хæстæ амоныс мæнæн? Нытътъысдзынæн дæ авджы, раст къæрмæгау. Р о д р и го. Уый мæн? К а с с и о. Хæлиудзых, ноджы ма уæндыс? (Цæвы йæ). М о н т а н о. Иыууадз-ма, цæй, нæ зынаргъ адъютант, Дæ хорзæхæй, æгъгъæд, фæхæц дæ къухтыл. К а с с и о. Ныууадз мæ, науæд ацы ран дæуæн дæр Ныртæккæ де ’фсæр асæтдзынæн! М о н т а н о. Ды Ныррасыг дæ! К а с с и о. Æз?
Фелвæстой се ’хсаргæрдтæ æмæ хæцынц. Я го (сабыргай Родр ыгойæн). Уайгæ тагъд, ныртæккæ Фæдис ныхъхъæр кæя, искæмæ фæдзур. Р о д р иго ацæуы. Охх, адъютант, синьор, фæсабыр-ма ут! Æххуысмæ, гъей! Монтано! Лдъютант! Синьортæ, ардæм! Уый дын хъахъхъæнджытæ! Дзæнгæрæг фæдисы цагъд кæны. Уый чи цæгъды? Æгъгъæд ут, дæлимонтæ! Æгас горæты сыстын кæндзыстут! Фæхуд дæ митыл, адъютант! Дæ сæр Фыдбылызы цæмæн тъыссыс? Ныууадзут! Бацæуы О т е лло фæсдзæуинтимæ. Отелло. Цы ’рцыдис ам? М он т а н о. Мæлæтдзаг цæф фæдæп; Мæ туг кæлы, уадз, уый туг дæр ныккæла! Отелло. Æнцад, кæд уæ мæлын пæ фæиды, уæд Яго. Фæлæуут-ма! Монтано! Адъютант! Æви уæ иом, уæ бынат ферох кодтат! Уæхиуыл худут — инæлар уæ разы! Æгъгъæд ут, цæй! О те л л о. Уæ зонд фæцыд, æви?.. Кы хъæр у уый? Цæй фæдыл у уæ хъаугъа? Ау, туркæгтæ, миййаг, ыстæм, æви Хуыцау цы ми нæ уадзы оттомантæн, Мах уыцы мцйыл сбæндæн уæм? Æгъгъæд ут! Чырыстон дины номæй уын зæгъын: Уæ сырддон хыл ныууадзут; йе ’ррадзинад Ныртæккæ чи нæ баурома, уый,— ’ Хæрын уыи ард, уый нал фæнды цæрын, Æмæ йæ фыццаг фезмæлдимæ ссардзæн Мæлæт мæ кардæй! Бауромут фæдис,
Кæннод æгас Кипр сыстдзæни. Цы ’рцыди, Синьортæ ам? Мæ сыгъдæгзæрдæ Яго, Дæ цæсгом мардау афæлурс; зæгъ-ма, Ам чи уыд хъаугъа райдайæг? Æз дзуапмæ Дæумæ кæсын æнхъæлмæ, дзур. Яго. Нæ зонын... Чысыл раздæр ам бадтыстæм æнцад: Уыдыстæм хорз хæлæрттæ: сабыргай Ныхæстæ кодтам, раст лæппу ’мæ чызг Фæсчындзæхсæв сæхи уатмæ куы бафтынц, Сæ ныхас уæд куыд фæлмæн вæййы, афтæ. Æваст, цыма сæ хæйрæг ацардыдта Сæ кæрæдзийыл, кæрдтæ фелвæстой, Æмæ сын рауад тугкалæн фыдхъаугъа. Цæмæ гæсгæ — зын бамбарæн у уый. Ехх, ардæм мæ цы къæхтæ хастой, уыдон Куы ’рцыдаиккой иу карз хæсты хауд, Уæд мын фæлтау æхсызгойдæр уыдаид. Отелло. Ау, Кассио, куыд фæсонт дæ, зæгъ-ма? Кассио. Охх, инæлар, ныббар! Мæ бон иæу дзурын... О т е л л о. Цытджын Монтано, ’гъдауджын лæгæй ды Кæддæриддæр зыидгонд уыдтæ нæ астæу; Дæ царды сабыр æмæ фидардзинад Æгас адæм дæр базыдтой; цыфæнды Дæсныдæр лæгæн кадджын у дæ пом. Цы сæрæн бахъуыд баивын ныр дæу Дæ намыс æмæ адæмы хæларад Æхсæвыгои фыдгæиæджы фыдномыл? М он т а н о. Цытджын Отелло, дæн тыаджын цæф æз Æмæ мæ бон нæу дзурын, фæлæ Яго, Дæ поручй-к, зæгъдзæн дæуæн æппæтдæр, Цы ’рцыдис ам æмæ цы зоиын, уый. Цы зонын, уый та афтæ у ’мæ кæд Лæгæн йæхи уд хъахъхъæнын фыдгæндыл Нымад нæ цæуы, кæд тыхгæнæгæй Лæгæн йæхи сæр хизын нæу рæдыд ми, Уæд ахсæв ам æвзæрæй иу мисхал дæр Нæ сарæзтон æмæ нæ загътон æз. 5#
Отелло., Хуыцау æвдисæн, афтæ хатын, цыма Мæ туг мæ зондыл райдыдта уæлахиз, Мæ хъуыдытæй фæтыхджындæр мæ маст, Æмæ уый мæн йæхи фæндагыл хоны. Куы фезмæлон, мæ къух куы сисон, уæд Уæ тыхджындæр мæ масты бын æрхаудзæн. Зæгъут, куыд райдыдта æнаккаг хыл Æмæ йæ аххос чи уыди? Ыстæй йæ Куы базонон, кæй азымæй уыд, уый, Уæд, раст мæхи хæрз æфсымæр куы уа, Уæддæр мыггагмæ ахицæн уыдзыстæм. Ау, искуыдæр ма ’рцыд хæстон горæты, Тæссæй æмризæджы кæм ризынц адæм, Уым ахæм тар æхсæвы саразын Æнаккаг æмæ худинаджы хъаугъа? Ыстæй, уæлдайдæр, хъахъхъæнæи бынаты? Æбуалгъ ми! Кæй аххосæй уыд, Яго? М о н т а н о. Дæ зæрдыл дар, лымæндзинады фæдыл, Гъе службæйæ фæхауыны тæссæй Рæстдзинад ды куы нæ зæгъай æххæстæй, Уæд ды салдат нæ уыдзынæ. Яго. Цæмæн Кæныс мæнæн цæстмæдарæн ныхæстæ? Фæлтау уæд ме ’взаг ахауæд бындзарæй, Цæйнæфæлтау æз Кассиойыл исты Зæгъон æвзæрæй. Æз мæхæдæг зонын, Мæ раст ныхас ын’ мисхал дæр æвзæр Кæй нæ фæуыдзæн. Хъуыддаг афтæ уыд: Монтаноимæ бадтæн ам æнцад Ныхасгæнгæ, æваст нæ размæ иу лæг Æрбатахти хъæргæнгæ: «Амардта мæ!» Йæ фæдыл та, æхсаргардæлвæстæй Æртхъирæн кодта Кассио. Монтано Йæхи ныццавта Кассиойыл, кодта Лæгъстæ, цæмæй фæурома йæ маст. Æз та фæуадтæн фæдисхъæргæнæгмæ, Цæмæй йæ хъæрæй ма райхъал уа горæт; , Фæлæ уый къахæй рæвдз уыд, æмæ йæ Нæ баййæфтон. Куы фæзылдтæн фæстæмæ, Уæд хъуыстон ахæм ’хсаргæрдты цъыччытæ, Стæй ахæм карз æлгъыстытæ, нырмæ 54
Чи никуы сирвæзт Кассиойы дзыхæй. Куы ’рбаздæхтæц, æрбаййæфтои сæ уæд, Дæхæдæг сæ дæхи цæстæй куыд федтай, Раст афтæмæй — тыхджын хæцгæ, æндæр Æз ницы зоныи. Фæлæ адæймаг Кæддæриддæр у адæймаг. Фæмæсты Кæцыдæриддæр зоны. Кзед Монтано Æфхæрды бахауд Кассиойы къухæй,— Мæстыйæ лæг лымæны дæр ныццæвы,— Уæддæр, уырны мæ, чи фæцæйлыгъди, Уый адъютанты бафхæрдта тыхджын Æмæ иæ уыд ныббарæн. О т е л л о. Зонын, Яго, Кæй хъавыс ды дæ сыгъдæг зæрдæйæ Æмæ йæ тынг кæй уарзыс, уый тыххæй Р1æ азымдзинад Кассиойæн сисын. (Кассиомæ.) Æз Кассио, дæу уарзын, фæлæ ды Мæ адъютант нырæй фæстæмæ нал дæ. Бацæуы Дездемонæ лæггадгæнæгимæ. Уыиут, уыпут: мæ дунейы дæр ма мын Ыстыхсын кодтат (Кассиомæ.) Иннæтæн дæ Бæздзæпи зондæн. Дездемонæ. Исты ’рцыди? Отелло. Ницы. Æппæтдæр хорз у. Цом, мæ хур, нæхимæ. Дæ цæфты тыххæй та зæгъын, Моптано, у Хирург дын æз кæй уыдзынæн мæхæдæг. Хæсгæут æй нæхимæ. Яго, ды Дзæбæх æрзил æгас горæтыл æмæ, Æдзæсгом хылмæ чи райхъал ис, уыдон Æрсабыр кæн. Цæй, рацу, Дездемонæ, Цы гæнæн ис, салдаты цард тыхст у: йæ фæлмæн уатæй йæ фæхъæуы стын Хæстытæ ’мæ æнцойады хъуыддæгтæм. Ацæуынц. Баззайынц Яго æмæ Ка с с ио.
Яго’/ Циу уый? Миййаг, цæф фæдæ, адъютант? К а с с и о. Ай-гъай, æмæ мын никæцыуал хирург схос кæндзæни. Яго. Цытæ дзурыс? Хуыцау дæ бахиза! К а с с и о. Кадджын ном, кадджын ном, кадджын ном! О, фесæфтоп мæ кадджын ном! Фесæфтон мæ уды æнæ- мæлгæ хай, æмæ ма мын баззади, фосы цард чи кæ- ны, уыцы хай! Мæ кадджын ном, Яго, мæ кадджын ном!.. Яго. Æз та, дæуыстæн, афтæ фенхъæлдтон, цыма цæф фæдæ: уый фылдæр зиан у кадджын ном фесафынæй. Кадджын ном — уый цæст кæй нæ уыны, къух кæуыл , нæ хæст кæны, ахæм мулк у, уый бирæ хæттыты адæймагыл бафты хæрз лæвар, стæй сæфгæ дæр фæ- кæны хуымæтæджы ницæйы тыххæй. Ды æппындæр нæ фесæфтай дæ кадджын ном, æцæг, кæй йæ фесæф- тай, ууыл дæхи куы нæ баууæндын кæнай, уæд. Ма мæт кæн! Бирæ мадзæлттæ ма ис инæлары зæрдæ балхæнынæн. Ау, йæ тызмæджы сахатыл дæ куы баф- хæрдта, стæй уый дæр хæрам дæм фæци, уый тыххæйг нæ, фæлæ, тынгдæр — æфсæддон уагæвæрдмæ гæс- гæ,— раст мæнæ тас цы домбайæ уа, уый фæтæрсын кæнынæн хаттæй-хатт æнаххос куыдзы куыд фæнæ- мынц, афтæ. Бахат æм æмæ та дæхи бауа. К а с с и о. Æз æм фæлтау бахатдзынæн, цæмæй мæ йæхицæн цæстысындз скæна, ахæм æмбисонды хорз хицауы раз мæ хуызæн рæузонд, расыггæнаг æмæ æдзæсгом афицерæй балæууыны бæсты! Бануаз, стæй тутиау фæдыгъал-дыгъул кæи, ноджы быцæу кæн, сараз хъаугъа, æлгъит æмæ сæрбæрзондæй дзур дæхи аууо- нимæ... О, цæст кæуыл нæ хæцы, уыцы сæны бардуаг! Кæд дын нырма ницы ном ис, уæд нын бар ратт æмæ дæ хонæм дæлимон! Яго. Кæй фæцæйсырдтай æхсаргардимæ? Цы дын код~ та? К а с с и о. 1 Нæ йæ зонын. 56
Яго ’ Ау, уый та куыд? К а с с и о. Хъуыды ма бирæ цыдæртæ кæнын, фæлæ бæлвыр- дæй ницыуал: зонын ма, хыл дзы кæй уыди, фæлæ цæй фæдыл — нæ зонын. О ме сфæлдисæг! Цæмæн уадзынц адæм сæ хуылфмæ, сæ зонд сын чи сæтты, уыцы знаджы? Цæмæн ис адæммæ ахæм æууæлтæ, цæмæй хъæлдзæгдзинæдты, куывдты æмæ мондагисы- ны рæстæджы сæхицæй кæной фос? Яго. Зæгъæм, уый афтæ фод, фæлæ ды ныр дæхи хорз куы æрæмбæрстай: куыд рауади уый афтæ тагъд? Ка ссио. Расыгдзинады хæйрæджы бафæндыди йæ бынат æхсидгæ масты хæйрæгæн раттын, иу фыдбылыз йæ фæдыл раласта иннæйы, цæмæй мын раттаиккой фа- дат мæхицæн мæ цард сæнæуынон кæнынæн. Яго.^ Цæй ныууадз, æгæртæ домаг моралист ма у. Раст дын куы зæгъон, уæд ацы сакъадахы цард, ныры рæстæг æмæ не ’фсæддон уавæр бахынцгæйæ, мæн иттæг зæрдиагæй бафæндыдаид, хабæрттæ афтæ куы нæ рауадаиккой, уый, фæлæ цы ’рцыди, уый кæм æрцыди, уымæ гæсгæ бацархайын хъæуы, цæмæй та хъуыддаг рауайа дæ пайдайæн. К а ссио. Омæ, зæгъæм, ракуырдтон дзы мæ бынат фæстæ- мæ: дзуацп мын ратдзæни, зæгъгæ, расыггæнаг дæ. Залйагæн цал дзыхы ис, уал дзыхы мын куы уаид, уæддæр сегасы дæр бахгæнид ахæм дзуапп. Æгъдау- джын адæймаг у, стæй дæхицæй ацараз сæрхъæн æмæ уыйфæстæ та — фос!.. О, æвирхъаудзинад! Æлгъыст фæуæд алы уæлдай нуазæн дæр, йæ мидæг цы тых ис, уый та — хæйрæджыты амæттаг! Яго. Æгъгъæд, æгъгъæд! Хорз сæн махæн æмбисонды лымæн у, чи æмбæлы, ахæм цæстæй йæм куы кæсæм, уæд. Мауал æй æлгъит. Æз афтæ ’нхъæлын, хæлар- зæрдæ адъютант, æмæ ды æууæндыс, æз дæ бирæ кæй уарзын, ууыл. К а с с и о. Æз ууыл хорз æууæндыдтæн: мæхи фæрасыг код- тон! 57 1
Яго. Хаттæй-хатт канд ды нæ, фæлæ кæцыдæриддæр барасыг вæййы. Æз дын бацамондзыиæн, цы кæнгæ дын у, уый. Ныртæккæ махæн инæлары ус у нæ хи- цау. Уый уымæн зæгъын, æмæ - Отелло бынтондæр йæхи сарæзта Дездемонæйы уарзондзинадæй, уый I • хæрзиуджытæй æмæ рæсугъддзинадæй йæ мондæгтæ суадзынмæ. Æргом басæтт усы раз алцæуыл дæр æмæ йæ фæлмæцын кæн дæ лæгъстæтæй, бахат æм, цæмæй та дын раттын кæна дæ бынат... Уый ахæм дзæбæх зæрдæ, ахæм уарзæгой, ахæм диссаджы сылгоймаг у, æмæ йæхицæн æгаддзинадыл нымайы, цы дзы куыр- дæуа, уымæй ноджы фылдæр ма сæххæст кæна, уый. Бахат æм, дæу æмæ йæ лæджы кæрæдзийыл бæттæг рæхысæй цы цæг асасти, уый баныхасыны тыххæй æмæ,— хæснагыл æвæрын ме ’ппæт исбон дæр,— уы- цы хæрамдзинад уын ныронгæй бирæ фæфидардæр кæндзæни уæ лымæндзинад. К а с с и о. Дæ бацамынд хорз у. Яго. Ард дын хæрын, цы уарзондзинад дæм дарын æмæ дын мæ цæст цы хорздзинæдтæ зæгъы, уыдо- нæй. К а с с и о. Иттæг зæрдиагæй дыл æууæндын æмæ тæккæ рай- сом раджы бахатдзынæн хæрзгаенæг Дездемонæмæ, цæмæй бацархайа мæн тыххæй. Бынтон мæ къух ауигъдзынæн мæ амондыл, ацы хатт дæр ма мæ куы фæсайа, уæд. Яго. Цæй цытæ дзурыр? Хæрзæхсæв, адъютант. Мæн цæуык хъæуы рады лæууынмæ. К а с с и о. Хæрзæхсæв, иамысджын Яго. (Ацæуы.) Ныр чи зæгъид «æдзæсгом лæг» мæнæй? Мæ фæнд у афтæ хорз æмæ уырнинаг — Нæй уымæй растдæр сагурæн фæндаг, Цæмæй та скæна мавры ног йæ хæлар. Цы ис æнцондæр, дунейыл сæрибар Яго. 58
ч Стихийæйау, хæрзтæ кæнынæн æрдз \ Цы Дездемонæ рафæлдыста, уый хРæсугъд хъуыддагыл сардауынæй? Ницы; Мавр уымæн тынг æнцон æртасæн у: О, уый дзырдæй мавр ауигъид йæ къух Дзæн’æтыл æмæ диныл дæр. йæ зæрдæ Иæ усы уарзондзинады цагъар у. Куы сфæнд кæнид уæларвон Дездемонæ Йæ лæмæгъ мойæ ахъазын, уæд æй, Хæссæнау, донмæ аскъæрид, ыстæй йæ Æнæ донæй æрбаздахид фæстæмæ. Уæдæ цæмæй, цæмæй дæн æз æлгъаг, Кæд Кассиойæн амонын дзæбæхæй Иæ амондмæ хæстæгдæр фæндаг, уæд? О ахсæвы æнæзæгъинаг, искуы Æнаккаг ми куы лыг кæнай, миййаг, Уæд-иу æй раздæр сныв кæн, раст мæ хуызæн — Хæрз æргомæй! —Æдылы Кассио Æгъдауджын Дездемонæмæ куы хата Йæ мойæ хатыр курыны тыххæй, Æмæ лæгъстæ куы кæна Дездемонæ ^Отеллойæн, ныххатыры фæдыл, "Уæд маврæн хъуамæ бацæгъдон йæ хъусы, Зæгъгæ, дæ ус у Кассиомæ ’мхиц... Цас тынгдæр хата Кассиойы номæй йæ лæгмæ рæсугъд, уыйбæрц мавр йæ усыл Кæндзæн æнæууæнк. Бантысæд мын уый, Æмæ дын æз, уæларвон Дездемонæ, Дæ хорздзинæдтæ скæндзынæн æлгъаг, Дæ рæстадæй дын сараздзынæн хыз, Цæмæй дзы ’рцахсон уе ’ппæты дæр æз. Бацæуы Р од р иго, Цæй, куыд, Родриго? Р о д р и г о. Куыд куы зæгъай, уæд æз ацы цуаны цуангæнæг куыдз нæ дæн, фæлæ æрмæст рæйаг. Ме ’хца бынтон бахардз ис, дысон мæ хорз ныддæрæн чындæуыди, хъуыддаг та, æвæццæгæн, ууыл ахицæн уыдзæн, æмæ мегас фыдæбæтты хыгъдæн райсдзынæн æрмæст иу чысыл зонды мур æмæ уыимæ бынтон æнæ ’хцайæ аздæхдзынæн Венецимæ. Яго. Цæй мæгуыр у, быхсын кæй бон нæу, уый! 59
Кæд федтдй ды, æвиппайды æндидзгæ Цы хъæдгом вæййы, ахæм? Ды куы зонис, Мах хин митæй кæй нæ кусæм, фæлæ Æрмæст цыргъ зондæй, зондæи та йæ тых Рæстæгыл баст у. Ау, нæ хъуыддæгтæ Æвзæр цæуынц? Дæу Кассио ныццавта, Æмæ йæ ахæм ницæйы тыххæй Иæ бынатæй фæхауын кодтай ды. Ис дыргъты ’хсæн æнæ хурæй рæзджытæ, ■ Фæлæ къуыпа цы дыргъ калы фыццаг, Рæгъæд дæр раздæр уыцы дыргъ фæкæны. Æрхъæцмæ хъæц. Кæс-ма: æрбацъæх бон. Нæ хъæзтытæ æмæ нæ хъуыддæгтимæ Нæ хаты лæг, куыд тагъд цæуы рæстæг. Цæугæ уæхимæ, цу, чысыл фæстæдæр Фылдæр цыдæртæ зондзынæ. Фæндараст! Р од р иго ацæуы. Нырма мын ис дыууæ хъуыддаджы: хъуамæ Мæ бинойнаджы сардауон, цæмæй Йæ хорз æхсинæй Кассиойæн кура Æххуысдзинад; мæхæдæг та уæдмæ Æдылы мавры асайдзынæн дард, * Ыстæй фæстæмæ раздæхдзыстæм афтæ — Йæ рæсугъд усы Кассиоимæ Куыд æрбаййафа! V фыдгæнд мæ хæс, Æмæ йæ хъуамæ бакæнон æххæст. Лцæуы.
1СЦЕНÆ Кипр. Галуаны раз. Бацæуынц К& с с ио æмæ цалдæр м,у зыкант ы. К а с с и о. Ам ацæгъдут. Уæ мызд уын бафиддзынæн. . Æрмæст хæрз цыбыр исты, уыйфæстæ-иу «Ура» зæгъут нæ инæлары кадæн. Музыкæ. Бацæуы х у д æ г о й. . Худ æго й. Уый циу, уæздæттæ, уæ инструменттæ Неаполы уыдысты? Æгæр хъым-хъым кæнынц... Музыкант. Ома, куыд! X уд æ го й. Уæ инструменттæ, фу цæмæй фæчындæуы, ахæм-. тæ не сты? Музыкант. О, фу цæмæй фæчындæуы, ахæмтæ. Худ æгой. Цыбыр дзырдæй,, уæдæ, уыдон сты, къæдзилы бын ауыгъд чи вæййы, ахæмтæ, нæ? Музыкант. Ома, куыд къæдзилы бын? X у д æ г о й. Куыд вæййы, афтæ, раст æз кæй зонын, уыцы фу~ гæнæн инструменттау. Фæлæ уын мæнæ ’хца, уæ музыкæ инæлары зæрдæмæ афтæ тынг цæуы, æмæ 61
уæ хуыцауæй курæгау куры, цæмæй уæ цæгъдъш ныу- уадзат. Музыкант. Табуафси, нал цæгъддзыстæм. Худæгой. Кæд уæм хъуысгæ чи нæ кæны, ахæм музыкæ ис, уæд та райдайут, науæд хъуысгæ чп кæны, уыцы музыкæ инæлар бирæ нæ уарзы. Музыкант. Нæй, ахæм музыкæ нæм нæй. Худ æ г о й. Уæдæ уæ дутгæнæнтæ афснайут уæ хызынты æмæ уæхи айсут. Тагъд фæтъæбæртт ласут! Фæйнæрдæм! Адде ут! Музыканттæ ацæуынц. К а сс и о. Æрб^йхъус-ма, мæ хорз хæлар... X у д æ г о й. Нæ, дæ хорз хæлар дæм нæ байхъусдзæн, фæлæ дæм æз байхъусдзынæн. К а с с и о. Дæ хорзæхæй, ныууадз де ’дылы митæ. Мæнæ дын сызгъæринтæ. Кзед инæлары усæн цы сылгоймаг лæг- . гад кæны, уый рабадти, уæд ын зæгъ, цавæрдæр Кас- сио дæ куры, цæмæй йæм ракæсай ныхасмæ иу-цал- дæр минуты. Бакæндзынæ йæ? Худ æ го й. Уый рабадт, синьор, æмæ йæ кæд ацы ран бадын нæ, фæлæ æрлæууын бафæнда, уæд’æм æз бахатдзы- нæн. К а сс и о. X у д æго й ацæуы. Бацæуы Я го. 0, Яго! Яго. Куыд, нæма ныххуыссыдтæ Уæдæй нырмæ? К а сс и о. Нæ, бон куы фæцъæх, уæд Фæлыгъд мæ хуыссæг. Бахатыр кæ, Яго,— Дæ усмæ барвыстон ныртæккæ æз,
Цæмæй мын радта баныхасы фадат Хæдæфсарм Дездемонæимæ. Яго. Уый дæм Ныртæккæ ардæм рарвитдзынæн æз. Мæхæдæг мавры асайдзынæн дардмæ, Цæмæй уæ хъуыддаг бархийæ кæнат. К а с с и о. Зæрдæбьщæй дын арфæйаг уыдзынæн! Я г о ацæуы. Нæ федтон æз флоренциаг нырма Хуыздæр æмæ цæсгомджындæр лæг амæй. Бацæуы Э м и ли. Э м и л и. Дæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ адъютант! Фæмаст кодтам, кæй дыл æрцыдис ахæм , Хъыгдзинад, ууыл. Фæлæ хъуыддаг тагъд Æрцæудзæнис дæхи фæндиаг арæзт. ^ Æз фехъуыетои, куыд дзырдта инæлар йæ усимæ дæу тыххæй, Дездемонæ Хæцыди тыиг æнувыдæй дæ фарс; Мавр ных лæууыд,— цы лæджы, дам, ныццавтай, Уый номдзыд æмæ стыр мыггагæй уыд, Æмæ йæ ам æгæрон бирæ уарзынц; Ыстæй,-зæгъы, æгъдау дæр амоны, Цæмæй дæ сиса цъус рæстæг дæ куыстæй. Фæлæ уæддæр Отелло ныфс æвæры, Кæй уарзы дæу тыхджын, æмæ рæхджы, Куыддæриддæр дзæбæх амал фæуа, Раст афтæ дæу, æнæ хатгæйæ дæр, Йæхимæ ног кæй райсдзæни фæстæмæ. К а с с и о. Цæй, хорз, фæлæ дæ’курын æз уæддæр,— Кæд ис амал, æгъдауæй кæд æмбæлы, Уæд-ма мын фадат иу-цалдæр минуты Ныхасæн Дездемонæимæ ратт. Э м и л и. Дæ хорзæхæй, мæ фæдыл: æз дын фадат Дæттын, цæмæй, дæ зæрдæйы цы фæнды, Уый ме ’хсинæн хæрз хибарæй зæгъай. 63
К а с с н о. Уыдзынæн хæсджын æз дæуæй æнусмæ. Ацæуынц. 2 С Ц Е Н Æ Уат галуаны. От е лло, Я го æмæ афицерт æ Оте л л о (Ягомæ) Айс мæнæ фыстæг: ратт æй капитанмæ Æмæ йын зæгъ, зæрдиаг арфæтæ Мæ номæй уый куыд ракæна сенатæн. Æз та ныртæккæ фидæрттæм цæуын, Ды дæр мæ уым ыссардзынæ. Яго. Фæцæуын, Мæ зынаргъ инæлар. (Ацæуы.) Отелло. Сымах, синьортæ, Нæ цæут уыцы фидæрттæм, миййаг? Аф и це р. Дæ фæдыл мах цæттæ стæм, инæлар. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Галуаны раз. Бацæуынц Дездемонæ, Кассио æмæ Эмили. Дездемонæ. Ай-гъай, мæ хæлар Кассио, уырнæд дæ, Мæ тыхтæ ’гасæй сараздзынæн æз Дæуæи æххуысмæ. Э м и л и. Охх, зыиаргъ синьорæ, Дæ хорзæхæй! Мæ лæг дæр ма йыл раст, Цыма йæхи хъыг, афтæ тынг фæрысти. 64
Дездемонæ. 9, уый иттæг æмбисонды лæг у! Хорз, Кассио, гуырысхо ма кæн: ног уæ Мæ лæджимæ æз бахъæрмуд кæндзынæн. К а с с и о. Синьорæ, æз цыфæнды дæр фæуон, Уæддæр дæуæн лæггадгæнæг уыдзынæн. Дездемонæ. Иттæг бузныг. Ды мавры бирæ уарзыс, Дæ йемæ рагæй зонгæ. Баууæнд мыл, Политикæ 1(ы амоны — фылдæр дæ Йæхимæ да|рд нæ фæдардзæни мавр. К а с с и о. Æууæндын дыл, синьорæ, фæлæ уыцы Политикæ, миййаг, æгæр бирæ Куы ахæсса, йе дард куы уон сымахмæ, Кæнæ мæ бынат иу æндæр куы ’рцахса, Æмæ, миййаг, куы ферох кæна мавр 7 Мæ куыст æмæ пæ хæлардзинад искуы. Дездемонæ. Нæ, ма тæрс уымæй, баууæнд ды мæныл. Дзырд дын дæттыи: Эмили мын æвдисæн, Дæ бынат та кæй райсдзынæ рæхджы; Æз та хæлардзинады дзырд куы раттын, Уæд ыл хæцыи кæрæй-кæронмæ раст. Æрæнцой нал æруадздзынæн мæ мойы, Дæу тыххæй йæ йæ хъуырмæ скæндзынæн: Йæ хуыссæнæй йын сараздзынæн скъола, Иæ фынгæй та — тæригъæдтæ хынцæн, Цæмæдæриддæр бавналæд — æз æм Кæддæриддæр дæ курдиат хæсдзынæн. Ды ууыл ма тыхс, Кассио, æппындæр. Дæ минæвар ыссардзæни мæлæт, Цæйнæфæлтау дæ хъуыддаг ма сараза. Дардæй æрбацæуынц Яго æмæ Отелло. Э м и л и. Синьорæ, уæртæ ис дæ лæг. К асс и о. Цæй, æз Цæуон, уæдæ. Д е з д е м о и æ. Цæмæн? Фæлæуу уал ам: Куыд дзурдзынæн дæ сæрыл, уымæ байхъус. 5 Шекспир
Кассио. Ныртæккæ нæ, синьорæ, ацы сахат Бынтондæр æз тыхст дæн æма^ мæ бон Мæхиуыл хæцын нæу. Дездемонæ. Цæй, кæн, дæхи Куыд фæнды, афтæ. К а с си о ацæуы. Яго. А! Гъеуый иæ цæуы Мæ зæрдæмæ! О те л л о. Цы зæгъыс, Яго, цы? Яго. Куы ницы. Фæлæ, мæн фæндыд... нæ зонын... 0 т е л л о. Уый Кассио нæ фæцæйцыд ныртæккæ Мæ бинонтæй? Яго. Чи? Кассио? 0, нæ, Нæ, инæлар, нæ мæ бауырндзæни, Дæу ауынгæйæ Кассио фæлидза, Цыма фыдгæнæг исты у. О т е л л о. Цыма Нæ фæрæдыдтæн, афтæ мæм фæкасти. Дездемонæ. Цæй, куыд, мæ хур? Æз та ма ам дзырдтон Лæгъстæгæнæгимæ. Дæ карз тæрхонæй Бынтондæр йе уæнг амарди. 0 т е л л о. Уый чи у? Дездемонæ. Дæ адъютаит Микеле Кассио. Мæ зынаргъ, кæд мæ уарзыс, кæд мæ бон Дæуæй у исты ракурын, уæд ын Ныббар æмæ ныртæккæ бафидаут. Каед уый дæуыл тыхджын æнувыд нæу Æмæ йæ ми нæ сарæзта рæдыдæй, Фæлæ фыдвæндæй, зонгæйæ, дæ ныхмæ, I Уæд раст адæмы нал æмбарын æз. Дæ хорзæхæй, æрбаздах æй фæстæмæ.
Отелло. Æрдæбон, уæдæ, уый ацыд дæ цурæй? Дездемонæ. Ай-гъай, мæ хур, уый тынг хъынцъым кæны, Æмæ мын цу цъус радзырдта йæ мастæй. Тæригъæд у, мæ дуне, раздах-ма йæ! О т е л л о. Ныртæккæ нæ, мæ зæды хай,— фæстæдæр! Дездемонæ. Фæлæ рæхджы? О т е л л о. Амал уæвгæйæ, тагъд. Цæмæй дæ зæрдæ балхæнон, мæ дуне. Дездсмонæ. Изæры ’хсæвæрмæ? О т е л л о. Нæ, а’зæр нæ. Дездемонæ. Уæд сомсихормæ? О т е л л о. Сомсихорыл æз Нæ уыдзынæн нæхимæ — фидарæй мæм Æрвитынц. Дездемонæ.- Омæ сомизæр уæд та, Кæнæ дыццæджы райсомæй, йе ’мбисбон, Кæнæ изæрæй, йе — æртыццæг-райсом? Дæ хорзæхæй, æмгъуыд ын ратт, æрмæст ын Æртæ бонæй фылдæр фыдæбон ма скæн. Ды цæрай, тынг фæсмон кæны, стæй иоджы Йæ фæрæдыд дæр ахæм чысыл у, Æмæ, кæд хæсты заманы сымах, Æфсæддон лæг йæхи куыд хъуамæ дара, Уый февдисут уæ хуыздæр хæлæрттыл, Уæддæр ын сусæг бафхæрд дæр æгъгъæд у. Зæгъ-ма, мæ хур, кæд нæм æрбацæуа? Нæ зонын, ды цы ракурис мæнæй, Æз ахæмæй цæуыл не суаип разы! Ау! Ныхас цæуы Кассиойыл,— ды Мæныл куы зылдтæ, уæд дæ сусæг.фæндтæ Кæй бæрны кодтай, уыцы Кассиойыл, Дæуæй-иу æз куы хъаст кодтон, уæд-иу Кæддæриддæр дæ сæрыл чи хæцыд,— Æмæ мæнæн ныр тынг зын у, цæмæй йын
Ныххатыр кæйай, уый курын, дæу тыххæй Æз бирæ фылдæр бакодтаин, баууæнд. 0 т е л л о. Цæй, хорз. Æрбацæуæд нæм Кассио, Кæд æй бафæнда, гьеуæд. Нæу мæ бон Дæуæн дæ иыхмæ «нæ» зæгъын. Д^ездемонæ. Мæхицæи Нæ курын æз. Уый афтæ у, цыма дæм Æз хатын, цæмæй бакæнай æрмхудтæ, Йе — бахæрай дзæбæх хæринаг, йе та Дæ уæлæ скæнай хъармдæр дарæс,— ома, Дæхи удæн хуыздæр цы уаид, у#й. Нæ, мæн куы бафæнда мæ курдиатæй Дæ уарзондзииад бавзарын, уæд æз Ыссардзынæн æхсызгондæр æмæ Зындæр хъуыддæгтæ уымæй. 0 т е л л о. Ницæмæй дын Зæгъдзынæн «нæ». Цæй3 ныр, уæдæ, ды дæр Мæ иу курдиат баххæст кæн: æз хъуамæ Ам баззайон хæрз иунæгæй. Дездемонæ. Æмæ Куыд æнхъæлыс уæд: не сразы уыдзынæн? Хæрзбон, хæрзбон, мæ удæнцой. 0 т е л л о. Фæндараст, Мæ удлæууæн, зындзынæн дæм рæхджы. Дездемонæ. Эмили, цом. (Оггллсшæ.^.Цыдæриддæр зæгьай, Уыдзæн, мæ хур, кæддæриддæр æххæстгонд. Ацæуы Эмилиимæ. Отел ло. Æрдхæрæны сылгоймаг! Уæд ныххауон Æз авд дæлдзæхы, кæд мæ уарзондзинад Нæу йегас дæу; æмæ та уæд хаос, Цы боп æз дæу фæцух кæнон мæ уарзтæй! Яго. Мæ инæлар! О т е л л о. Циу, Яго? 68
Я г о, Мæн фæндыди Дæу бафæрсын: сииьорæйы фæдыл Куы зылдтæ курæг, уæд, дымæ, нæ зыдта / Уæ уарзондзинад Кассио? Отелло. Бæгуы Зыдта кæрæй-кæронмæ. Фæлæ дæу Цæй фæдыл бахъуыд уый базонын? Яго. Афтæ, • Хуымæтæджы. Фæндыди райхалым Мæн иу æлхынцъ. О т е л л о. Уæд цавæр? Яго. Афтæ ’нхъæлдтон, Цыма нæ уыди де ’фсинимæ зонгæ. О т е л л о. Куыннæ-ма, рагæй. Суанг ма не ’хсæн дæр Фæндонхæссæг куы уыд. Яго. Æцæг?!. Кас’сио. Æцæг. Цы уыныс уым дызæрдыггаг? Æви Æдзæсгом лæг у Кассио? Яго. Дæумæ Цæсгомджын зыны? О т е л л о. О, мæнмæ — цæсгомджыи. Яго. О, у, куыд зыны, афтæмæй. О т е л л о. Уæдæ-ма Куыд æнхъæлдтай! Яго. Куыд æнхъæлдтон, синьор?!. О т е л л о. «Куыд æнхъæлдтон, синьор!» Хæрын дын ард, Р1æ дзырд мæ уæнгты ахызти, цыма Йæ фæндты ахæм тасдзииад æмбæхсы, Йæ раргом дæр егъау бæллæх кæмæн у.
Æнхъæлдæн, ды цыдæр фæндтæ кæныс! Æз фехъуыстон, æрдæбон Кассиойы Куы федтай ам фæцæйцæугæ, уæд ды Куыд фæдзырдтай: «Мæ зæрдæмæ нæ цæуы». Цы дзы нæ цæуы уæд дæ зæрдæмæ? Куы дыи загътон, нæ уарзондзинадæн Уыди уый не ’хсæн минæвар æдзухдæр, Уæд дисгæнгæ фæхъæр кодтай: «Æцæг?!» Стæй тар æлхынцъæй де ’рфгуытæ æруагътай, Цыма дæ сæры сау хъуыды нымбæхстай. Фæлæ мыл кæд æнувыд дæ, уæд мын Дæ уыцы хъуыды раргом кæнай хъуамæ. Яго. Мæ инæлар, ды зоныс — цас дæ уарзын. О т е л л о. О, зонын, æмæ ’ууæндгæ кæй кæнын Дæ цæсгомыл, дæ уарзондзинадыл, Æмæ дзæгъæлы иунæг ныхас дæр Кæй нæ зæгъдзынæ, ууыл, уымæ гæсгæ Тыхджын тæрсын дæ талынг дзуаппытæй. Вæййынц-иу ахæм дзуаппытæ — цъаммар, Æдзæсгæмттæн сæ хинтæ бамбæхсынæн; Фæлæ рæстмæзил адæмæн та сты Сæ зæрдæтæй æддæмæдзу рæстдзинад. Яго. Æз дын куы зæгъон Кассиойæ, уæд, Мæнмæ гæсгæ, уый тынг сыгъдæгдзæсгом у. О т е л л о. Мæнмæ гæсгæ дæр. Яго. Адæмы зæрдæтæ Сæ бакастыл куы уаиккой бæрæг, Сæ хуыз-иу сын сæ зæрдæтæ куы ’вдисид... О т е л л о. Бæргæ хорз уаид: адæмы зæрдæтæ Сæ бакастыл куы уаиккой бæрæг. Я г о. Гъеуымæ гæсгæ афтæ ’нхъæлын, цыма Дæ адъютант сыгъдæгдзæсгом лæг у. О т е л л о. Нæ, ис æндæр, æцдæр цыдæр дæ дзырдты. Дæ хорзæхæй, дæ хъуыды раргом кæн, Æмæ цыфæнды чъизи фод, уæддæр æй Æргомæй равдис чъизидæр ныхæстæй. 1Ь
Ехх инæлар, ныббар мын. Кæд æз дæн Дæ службæйы дæумæ хъусынæй хæсджын, Уæддæр æз афтæ ’нхъæлын, цыма дæн, Цагъары бар йæхиуыл цас фæцæуы, Гъеуыйбæрц бархи. «Раргом кæн дæ хъуыды! Æмæ кæд мæнг, æнаккаг у, уæд та? Цы ран ис ахæм дзаума, æмæ чъизи Кæдæм нæ хъары? Уыцы сæр кæм и, Сыгъдæг фæндтимæ зины сау хъуыдытæ Сæ мæнгард куыст кæм нæ фæкæнынц? телло. Ды Фыдвæнды цæуыс де ’мбалæн йæ ныхмæ, йæ бафхæрд дзы куы сусæг кæнай, уæд. го. Ехх инæлар, æз, чи зоны, рæдийын Мæ хъуыдытæй; æз ахæм лæг дæн: мæн Кæмдæриддæр фæфæнды чъизи ссарын,— Æмæ цæуыл вæййын дызæрдыг, уым Куы нæ разыны чъизи ми, уæддæр дзы Æз къорд хæттыты схуыдтон. Уымæ гæсгæ Дæуæй æз курын: мауал дар дæ хъус Мæ ныхæстæм, мæ мастхалæн хъуыдытæм, Æмæ дæ зæрдæ мауал риссыи кæн. Дæ сабыр цард, дæ уды ’нцойдзинад, Мæ азтæ, стæй мæ сыгъдæг зæрдæ, ноджы Мæ иамыс дæр — нæ бауадздзысты мæн Дæуæн æргомæй радзурын мæ хъуыды. т е л л о. Ау, уагæры уый цавæр хъуыды уа? го. Мæ дзæбæх инæлар, лæг æмæ усæн Сæ зæрдæты егъаудæр хæзна у Сæ кадджын ном. Æхцадон чи фæдавы, Уый адавы чысыл хæзн^ æрмæст: Æхцадон абон иуы дзыппы ис, Æндæры дзыппы та уыдзæни райсом — Гъе, афтæмæй æнæнымæц дзыппыты Фæкæиы уый цагъары зылд æдзух. Фæлæ мæнæн мæ кадджын иом чи дава, Уый давы, чи йæ не сбонджын кæндзæн, Мæн та бынтон кæмæй фесафдзæн, ахæм Зынаргъ хæзна.
Отелло. Хæрын дын ард хуыцауæй, Фæнды мæ зонын уыцы хъуыды. Я г о. Нæ! Мæ зæрдæ ныр дæхи къухты куы фестид, Уæддæр уый мисхал не схъæр кæнид, раст Мæ риуы куыд у, афтæ ’нцад лæудзæни. О т е л л о. А, афтæ у? Яго. Хуыцау дæ бахизæд Дæ бинонтыл дызæрдыджы хъуыдытæй: Цъæх хъоппæгцæст дызæрдыгдзинад, калмау, Æууилы зæрдæ, худы уый кæл-кæлæй Йæ амæттагыл. Нæ, нæй стырдæр амонд, Сыкъаджыи мой йæ хæтæнхауæг усы йæ зæрдæйæ куы схицæн кæны, уымæй; Фæлæ цы зынтæ февзары, йæ риуы Дызæрдыгдзинад уарзондзинадимæ Кæмæн вæййы ’мæ афтæмæй йæ усы Æгæрон уарзтæй чи фæуарзы, уый! О т е л л о. Æбуалгъдзииад! Яго. Мæгуырæй дæр йæ кадджын ном сыгъдæг Кæмæн уа, уый, мæнмæ гæсгæ, хъæздыг у; Фæлæ кæмæ уа бирæ хæзна, уымæн Йæ ном куы фæуа чъизи, уæд йæ исбон Æппындæр уымæн нал фæкæны ад. Хуыцау, кæй уарзын, уыдон удтæ бахиз Сæ устытыл гуырысхойæ. От елл о. Фæлæуу-ма! Цы зæгъинаг дæ, чердæм у дæ ныхас? Мæн дердыгонау бафæндид цæрын Мæ усыл зæрдæ ’хсайгæйæ, цæмæй Æрвылбон алы чъизи хахуыр хъусон? Нæ, æз чысыл цæуыл фæуон гуырысхо — Тæрхон ын уайтагъд рахæсдзынæн. Уæд Сæгъ фестон æз, дæ ныхæсты цы мæнг Гуырысходзинад рахатыдтон, уымæ Мæ хъус куы ’рдарон. Уадз æмæ мын дзурой, Мæ ус кæй у рæсугъд, кæй уарзы хорз 72
Йæхи фæлындын, саргъы бæхыл бадын, Дзырдарæхстдзинад, кафын, хъазын, зарын,— Куыд ыл фæуон æз уый тыххæй æнæууæнк! Куы уа сыгъдæгдзинад зæрдæйы, уæд Æнаипп вæййынц миниуджытæ се ’ппæт; Ыстæй мæм кæд, чызджы зæрдæ цæмæ Фæхъазы, ахæм хорздзинæдтæ нæй, Уæддæр гъеуый дæр тасдзинад мæнæн Нæ бауадздзæн мæ риуы: куырм куы нæ уыд, Иæхæдæг мæ куы равзæрста йæхицæн. Нæ, Яго, нæ! Цæмæй йыл суон гуырысхо, Æз уый тыххæй мæ цæстæй хъуамæ фенон; Фæгуырысхо уæвгæйæ та хъæуы Мæн ууыл баууæндын кæнын. Уый рауад, Мæ зæрдæйæ уæд раскъуындзынæи æз Гуырысхо æмæ уарзондзинад иумæ! Яго. Æз бузныг дæн дæ уыцы раст хъуыдытæй, Æмæ дьш гъеныр дзурын, цас дæ уарзын, Цæйбæрц дыл дæн æнувыд; хъус-ма, уæдæ, Цы нымайын мæ хæсыл æз дæуæн * Æргом зæгъын, кæд мæм æвдисæйнæгтæ Нæй фаг, уæддæр: дæ цæст дар, инæлар, Дæ усмæ, ноджы Кассиомæ; тынг сæм Фæдар дæ цæст, дызæрдыгæй æгæр Дæхи дæр ма хæр, ма дæр сын æууæнд Сæ ныхæстыл. Нæ мæ фæнды, дæ хуызæн Сыгъдæгзæрдæ лæг сайд æрцæуа, уый! Фæлæ сæм дар уæддæр дæ цæст. Æз зонын Венецийаг сылгоймæгтæн сæ ахаст: Æрмæст хуыцауæн раргом кæнынц уыдон, Сæ лæгтæй сусæг кæй фæдарынц, уыцы Дæлгоммæ митæ; стæй сæ намыс та Сæ сыгъдæгдзинад нæу, фæлæ — фæливын. О т е л л о. Ау, афтæ уа? Яго. Йæхи фыды дæр ма Куы фæсайдта дæумæ цæугæйæ. Адæм Дзырдтой, зæгъгæ, дæ уындæй дæр тæрсы, Фæлæ дæ уый куыд бауарзта! О т е л л о. Ды раст дæ. 73
Яго. Гъемæ кæсыс! Æрыгонæй дæр уыйбæрц Дæсны фæливын чи зыдта,— цæмæй сæ йæ фыд кæлæнтæ фенхъæлдтаид,— уый Ныр уагæры... Цæй, æз æгæртæ дзурын. Ныххатыр кæ, дæ хорзæхæй, æгæр дæ Кæй уарзыи, уый. О т е л л о. Нæ, æз уыдзынæн ныр Цæрæнбонтæм дæ хæрзиуæгæй хæсджын. Яго. Æнхъæлдæн, ды æгæр тыхджын ыстыхстæ Мæ ныхæстæй... О т е л л о. 0, нæ, нæ, мурдæр нæ! Яго. Æз та тæрсын гъеуымæй, бауырнæд дæ. Дæ хорзæхæй, мæ ныхæстæ мыи айс, Куыд хорз хæлары уарзондзинад. Нæ, Ды, раст зæгъгæйæ, иууыл тынг ыстыхстæ, Мæ инæлар, мæ ныхæстыл мын афтæ Арф ма хъуыды кæ: тынг бæлвырд нæма сты. О т е л л о. Нæ, иины сыл хъуыды кæнын. Яго. Ды сæ Зыгъуымæрдæм куы бамбарай, уæд мын Мæ ныхæстæ, мæн чи нæ фæндыд, ахæм Æлгъагдзинадмæ раздахдзынæ. Куыд, Ау, Кассио, мæ зыиаргъдæр хæлар?.. Охх, инæлар, æнхъæлдæн, тынг ыстыхстæ! Отелло. Куы нæ тыхсын! Мæн иу хъуыддаг уырны: Нæу, хъуамæ ма уа чъизи Дездемонæ. Яго. Гъемæ йып зæдтæ даргъ цæрæнбон раттæнт, Сыгъдæг куыд уа: ды та-иу йыл æууæнд. О т е л л о. Фæлæ, зæгъæм, уæдæр фæрæдыд æрдз... Яго. Гъе, хъуыддаг уæдæ уый мидæг ис, уый! Ныббар, фæлæ куы зоныс ды, йæ бæсты Хуыздæр æмæ хъæздыгдæр усгуртæи Кæй нæ бакуымдта. Иуæй-иутæм афтæ 74
Фæкасти уый, цыма дæуæн ысразы, Æрмæст йæ чъизд мондагдзинадæн йæ зæрдæмæ кæй фæцыдтæ, гъеуымæн. Æниу, ныббар, мæ ныхæстæ æппындæр Дæ усыл не сты, æз æрмæст тæрсын — Йæ зæрдæйыл куы фæтых уа йæ зонд Æмæ, миййаг, йæхибæстаг лæппуты Дæ хуызимæ куы сбара æмæ йæм Фæстаджырдæм фæсмондзинад куы ’рцæуа. О т е л л о. Фæндараст у! Куы ма рахатай исты, Уæд-иу мын æй фæхабар кæн. Зæгъ-иу Дæ усæн дæр,— йæ цæст æм дарæд уый дæр. Ныр та ныууадз мæн иунæгæй. Яго. Хорз байрай, (Фæцæуы.) О те л л о. Цæмæн куырдтон æнаккаджы, цæмæн? Гуырысхо йыл нæ хъæуы, ’гъдауджын Яго, Цы дзуры, уымæй бирæ фылдæр — о! Фылдæр кæй зоны. Яго (раздæхгæйæ). Курын, инæлар, Æгæр-æгæр ыл ма хъуыды кæн, рæстæг Бæстон, бæлвырдæй равдисдзæн æппæтдæр. Ыстæй, миййаг, кæд Касеиойы хъавыс, Цы куыстæй ист æрцыд æмæ иттæг хорз Кæм арæхст, уымæ ногæй райсыи, уæд Мæнмæ гæсгæ, йæ райсын тынг хорз нæу. Чысыл фæстæдæр базондзынæ: чи у, Цы фæндтæ йæм ис! Бадар-иу дæ зæрдыл: Дæ бинойнаг дæм уый тыххæй æгæр Куы хата, уæд... уæд уым цыдæр кæй ис! Ныр та уал мæ, дæ хорзæхæй, нымай Дзæгъæлдзыхыл, рæдийаг адæймагыл, Цы бакæнон, мæ конд у ахæм. О, Дæ усы уал æппындæр ма ’фхæр. О те л л о. Ма тæрс: Мæхиуыл хæцын базондзынæи æз. 75
Яго. Зæгъын та дын дыккаг хатт: «Хорзæй баззай!» (Ацæуы.) От е л л о. Цы ма уа амæй намысджындæр лæг! Куыд тыхджын зоны дзыллæйы хъуыддæгтæн Сæ аххостæ йæ арф зондæй!.. О, ды, Мæ бæлом, кæд æцæг ысдæ сырддон, Дæ бæттæнтæ дын атондзынæн, раст дын Мæ зæрдæйы тæгтæй куы уой, уæддæр, Æмæ иу тæх, кæдæм дæ фæнда, уырдæм! Цы бæрæг ис! Миййаг, кæд уый у аххос, Æз сау кæй дæн, уæздан къуыдиппытау, Мæлгъæвзагæй кæй нæ сахуыр дæн дзурыи; Æви, миййаг, кæд уый аххос у, тулын Кæй байдыдтон зæронды бонтырдæм. Хуыдау — дæсны! Цы ма загъдæуа? Нал ис Æфсии — фæсайд дæн; ис ма мын æрмæст Йæ нæуарзын зæрдæлæууæн мæнг ныфсæн. Йæ бæллæх уым и усракуырдæн, уым, Æмæ дзы ссарæм чызджыты рæсугъдты, Фæлæ сæ мондæгтæ иæ вæййынц мах. О, æз уæртджынхæфс фестдзынæн фæлтау Æмæ цъыфдзаст цъымараты бырдзынæн, Цæйнæфæлтау, цы уарзын, уымæй мисхал Æндæрæн раттон! О, кæуинаг у Бæрзонд удты æнкъард хъысмæт: æрдзæй Нæ рахæссынц хуымæтæг удты бартæ, Адзал сæ фæдыл зилы, куыд мæлæт: Куыддæр фæзынæм царды, афтæ свæййæм йæ амæттаг сыкъаджын хъизæмарæн!.. Æрбацæуы! О, кæд налат дæ ды,. Уæд арв йæхиуыл худы! Нæ, нæ фæнды Мæн баууæпдын æнаккаг хъуыдытыл. Бацæуынц Дездемонæ æмæ Эмили Дездемонæ. Мæ хур, Отелло, сихор æмæ дæм Дæ сакъадахаг бонджын уазджытæ Кæсынц æнхъæлмæ рагæй. О т е л л о. О, хатыр. 76
Дездемонæ. Лæмæгъ кук у дæ хъæлæс; циу, рынчын дæ? О т е л л о. О, риссы ам. (Амоиы йæ’ ныхмæ.) Дездемонæ. А-гъай дæр, уымæн æмæ Нæ бафынæй дæ дысон. Абæттон дын Дæ ных мæ къухмæрзæнæй — ацы сахат Фæлæудзæни. О т е л л о. Ныууадз: æгæр чысыл у Дæ къухмæрзæн. (Ратоны æмæ аппары къухмæрзæн). Æнæ уый дæр ныллæудзæн. Цæугæ-ма мемæ. Дездемонæ. Тынг хъыг у мæиæн, Æнæнхъæлæй кæй фæрынчып дæ, уый. (Ацæуы Отеллоимæ.) Э м и л и. Гъе, къухмæрзæн мæ къухты бафтыд,— мавры Фыццаг лæвар йæ усæн. Ме ’рра мой мæ йæ радавыпыл ардыдта æдзух, Фæлæ йæ ме ’хсип рохуаты иæ уагъта; Фæкæны йын ныхæстæ æмæ батæ: Зынаргъ ын у — ныффæдзæхста йьш мавр, Цæмæй йæ дара й’амæлæты бонмæ. Ныр уый хуызæн ыскæндзынæн мæ лæгæн. Цы дзы кæны — хуыцау йæ зонæг уæд,— Æз ын æрмæст æххæст кæныи йæ фæдзæхст. Бацæуы Я г о. Яго. Цы хизыс ам? Э м и л и. Цæй, ма та райдай бустæ; Дæуæн мæнмæ ис иу дзаума. Яго. Мæнæн Дæумæ ис дзаума? О, зындгонд дзаума! Э м и л и. Цæмæй зæгъыс? 1П
Яго. Сæрхъæн усæй. Э м и л и. Ныууадз-ма! Фæлтау-ма зæгъ, цы ратдзынæ мæнæн Ды мæнæ ацы къухмæрзæныл? Яго. Цавæр Къухмæрзæн? Э м и л и. Цавæр къухмæрзæн? Отелло йæ рæсугъдæн кæй радта æмæ ды Мæнæн æдзух кæй давын кодтай, ахæм. Яго. Æмæ йæ радавтай? Э м и л и. Нæ, давгæ нæ, Фæлæ йын ам куыддæр æгъдауæй ахауд Æмæ йæ систон æз. Кæс-ма йæм! Яго. О! Мæ рæсугъд зæд! Цæй, ардæм æй æри! Э м и л й. Уæдæ! Ныр дзы цы саразынмæ хъавыс? Цæмæн дæ бахъуыд? Яго. Уый дæ хъуыддаг нæу! (Аскъæфы къухмæрзæн.) Э м и л и. Кæд дæ æхсызгон истæмæн нæ хъæуы, Уæд æй æри фæстæмæ: ме ’хсин, мæгуыр, Йæхи фырмæстæй бахсындзæн, куыддæр æй Æрымыса ’мæ никуы ссара, афтæ. Яго. Æмæ йын зæгъ: æз ницы федтон, ницы. Уый мæн хъæуы. Ныр та цæугæ хъæмæ. (Эмили ацæуы.) Æз баппардзынæн ацы къухмæрзæн Нæ Кассиойы уат^угæ — уый йæ ссардзæн; Отеллойы зæрдæ фехсайынæн та Чысыл мур дæр кæлæны тых кæны.
Гъе, амаёй исты рауайдзæн æнæмæиг. Фæхъæстæ мавр æнæуи дæр мæ маргæй, Æ,мæ уый хуызæн лæгæн та хæрз чысыл Фæгуырысхо дæр маргæй уæлдай иæу. Фыццаг ыи лæг нæ фембары йæ ад дæр, Фæлæ йыл туг куы аныдзæвы, уæд Ныссæххæтт ласы сондоны цæндау; Кæддæр æз уыдон бавзæрстон мæхиуыл. Æрбацæуы. Æгас бæстыл цы ис Хуыссæджы хосæй,— мак уа, мандрагора,— Сæ иу дæр дыи ныр нал раттдзæни, дысон Цы адджын буц фынæй фæкодтай, уый. Бацæуы О т е л л о. О т е л л о. А-гъа, ды мæн фæливгæ кодтай! Мæн! Яго. Цæй, инæлар, уый ферох кæнæм. Отелло. Дард! Мæ уд мын радтай ’вирхъау хъизæмарæн! Уæд мард фæуон, фæлтау бынтон сайд у, Цæйнæфæлтау чысыл зонай. Яго. Куыд уый та? О т е л л о. Цы хъуыддаг уыд мæ усы чъизи митæм, Йæ хинтæ ’мæ йæ хæлддзинæдтæм мæн? Нæ сæ уыдтон, нæ сыл кодтон хъуыды дæр, Зæрдæниз мын нæ лæвæрдтой; æнцад Хуыссыдтæн дысон, тынг хъæлдзæг уыдтæн Æмæ йын ныронг Кассиойы батæ Йæ былтыл никуы бафиппапдтон. О, Лæгæн йæ исбои адавдæуыд, уый йын Кæдмæ зæгъай, уæдмæ нæ фæзоиы Йæ исбоны быпы сæфх. Яго. Инæлар, Дæ дзырдтæм хъусын тынг зын у мæиæи. О те л л о. 0, уыйбæсты æгас æфсадæи, алы Салдатæн дæр йæ рæсугъд буар мæ ус Куы лæвæрдтаид, гъеуæддæр æй æз Куы нæ зыдтаин — амоидджын уыдаин. 79
Ныр та, хæрзбон, æнцойдзинад, æнусмæ, Хæрзбон, мæ сабыр бархи дард! Хæрзбон, Мæ базырджын æфсæдтæ, уыдонимæ — Хъæбатыр карз хæстытæ, адæймагæн Хъаруйæ намыс чи дæтты — хæрзбон! Хæрзбонтæ ут, мæ мыр-мыргæнаг бæх, Æфсæддон трубаты хъæр, барабанты Гыбар-гыбур, мæ флейтæйы æхситт, Уæлахизхæссæг паддзахы тырыса. Мæ хæрзиудлштæ, ме ’стыр цыт, мæ кад Æмæ хъæбатыр сау хæстон бырстытæ! Хæрзбон, мæлæтхæсс хотыхтæ, сæ хъæр, Æнæмæлæт Зевесы карз нæрынау, Гыбар-гыбур кæмæн кæны зæххыл, Хæрзбонтæ ут! йæ балц фæцис Отелло! Яго. Ау, уый та куыд! О т е л л о. Æлгъаг, æнаккаг, ды Мæ усы хæлд ми сбæлвырд кæнай хъуамæ. (Ныххæцыд ын йæ хурхыл.) - Кæннод мæ удæй ард хæрын, мæ риуы Цы маст ысфыхтис, уымæн дзуапп дæттыны Фæлтау, хъуыдис дæу райгуырын куыдзæй! Яго. Уынут, уынут — цæмæты ’рцыди, цæ! О т е л л о. Æри мын фадат, хи цæстæй куыд фенон, Кæнæ мын æй бæлвырдæй афтæ равдис, Гуырысхо йыл куыд нал кæнон æппындæр: Кæннод — мæлæт! Яго. Мæ кадджын инæлар! Оте л л о. Кæд ыл, миййаг, æнаххосæй цъыф калыс, Йе хахуырæй мæ риу æвдæрзыс, уæд Ныууадз дæ кувын, аппар уæд дæ намыс, Тæссаг фыд-фыдтыл саудæр фыдтæ ’фтау, Дæ митæй арв куыд ныдздзыназа, бæстæ, Хъаймæт цыма ’рцыд, афтæ тынг куыд ризой,— Дæ уд зындонмæ бахæссынæн ды Æвирхъаудæр фыд не ссардзынæ уымæй. во
Яго. Дæхи æрæмбар! О, хуыцау, æркæс-ма! Æрсабыр у! Лæг нал дæ, æви цы? Æппын дæм зонд, зæрдæйы мурдæр нал ис? Хорз байрай! Нал дæн æз дæ фаддзу ныр. Æиамонд тутсæр, уый дæ хъуыди, гъе, Цæмæй фыдгæндыл бахынцой дæ рæстад! 0 ’наккаг дуне, акæс-ма, куыд зын у Рæстуд æмæ æргомæй цæрын! Бузныг Дæ бацамындæй. Абонæй фæстæмæ Лымæндзинады нал цæудзынæн, уымæн Æмæ дæтты уæззау æфхæрд æрмæст. О т е л л о. Нæ, багъæц! Кæд, миййаг, рæстдзинад дзурыс. Яго. Мæн зондджын уæвын бафæидыд: рæстдзинад Æдылы у — йæ фарсхæцджыты сафы. О т е л л о. Хæрын дын ард æгас дунейæ, афтæ Кæсы мæнмæ, цыма сыгъдæг у ме ’фсин, Ыстæй цыма хæтæнхауæг дæр у; Кæсы мæм афтæ, цыма ды хæрз раст дæ, Ыстæй цыма бынтондæр раст нæ дæ. Бæлвырд мын исты баууæндынæн равдис! Дианæйы рæсугъд нывау, æрттывта Йæ сыгъдæгрухс ном ме ’фсинæн, ныр та, Мæ цæсгомау, ныссау ис æмæ счъизи. О, кæд ма ис зæххыл кæрдтæ, бæндæнтæ, Зынг æмæ марг, хуыдуггæнæн дæттæ, Уæд ацы сайд нæ кыббардзынæн, никæд! О, истæмæй мæ баууæндын кæн тагъд! Яго. Дæ усы маст дын баууылдта дæ зæрдæ, Фæлтау дын æй куы не схъæр кодтаин. Цыбырдзырдæй, дæу баууæндын фæнды? О те л л о. Фæнды? Æз домыи! Яго. Æмæ у дæ бон дæр; Фæлæ цыхуызы? Ц’уавæры? Миййаг дæ Кæд сынтæджы сæ баййафын фæнды, Хъуыддаггæнгæ? О т е л л о. Мæлæт, æлгъыстаг! О! 6 Шекслир 81
Яго. Мæнмæ гæсгæ, зын баййафæн у тынг Дыууæйæ уыдон чъизи мийыл уаты; Ау, адæм сæ куы сцъиу-цъиуаг кæниккой, Хуысгæ-хуыссын сæ искæй цæст, миййаг, Куы ф/шид, уæд. Фæлæ дыи ныр цы зæгъон, Цæмæй мæ дзырдыл баууæндай æххæст? Сæ уаты сын нæй баййафæн: сæгътау Æнæфсарм куы уой; маймулитау— тæвд; Куырмæдзуаг бирæгътау — æпæфсис; расыг Сæрхъæн лæгтау — хæрз гуымиры, уæддæр. Фæлæ дын кæд сыгъдæг æцæгдзинадмæ Фæндаг цы митæ амонынц, гъеуыдон Æгъгъæд уыдзысты, гъеуæд дын сæ ныр Æз ратдзынæн. О т е л л о. Æри, æри мæ усы щ Фыдпалат митæ сбæлвырды æууæлтæ! Яго. Бæргæ мыи нæу æхсызгон уый мæнæн, Фæлæ дæумæ цы уарзондзинад дарын, Æз уый фæдыл кæм ацыдтæн ныр дард, Уым дзурын дарддæр. Иу æхсæв мæ фарсмæ Хуыссыди Кассио; мæнæн мæ дæидаг Рыстис æмæ мыл не ’рхæцыд хуыссæг. Ис адæмæй зæрдæлæмæгътæ, уыдон Сæ суоæг митыл фыны дæр фæдзурынц. Гъе, ахæм у иæ Кассио дæр. Хъусын, Æмæ йæ мидфыны сындæггай дзуры: «О ме зæд Дездемонæ! Сусæг дарæм Нæ уарзондзинад адæмæй». Æваст мын Мæ къух тыхджын пылвæста æмæ дзуры: «О, ме ’нхъæлцау, мæ рæсугъд уарзон зæд!» Ыстæй мыи пъатæ байдыдта, цыма мын Мæ былтæ бахсыиынмæ хъавыд, гъестæй йæхи мæнмæ æрбалвæста хæстæг Æмæ кæугæйæ пъатæ гæигæ дзуры: «Æлгъыст фæуæд, дæу маврæн цы зæд радта!» О т е л л о. Æвирхъау чъизи ми! Яго. , Фæлæ уый уыд Æрмæст фын, фын! в2
От е л л о. О, фын, фæлæ æвдисы, Æцæг цы уыдис, уый, æмæ тæссаг Гуырысхойадыл бафтыди мæ зæрдæ. Яго. 0, стæй ма ноджы уый æвдисæн у Бæстон-бæлвырдæй къорд æндæр хъуыддагæн. О т е л л о. Къабазгай йæ ныккæндзынæн! Яго. Иæ, хъуамæ Æмбаргæ уай. Нырма куы ницы федтам, Миййаг, кæд де ’фсин азымджын дæр нæу. Зæгъ-ма, нæ радтай де ’фсинæн, миййаг, Æрыскæъфхуыз нывæфтыд къухмæрзæн? О т е л л о. О, уый уыди мæ фыццаг лæвар уымæн. Яго. Охх, æз нæ зыдтои уый, фæлæ дæ усмæ Цы къухмæрзæн уыд, мæ инæлар, уымæй йæ рихи абон Кассио сæрфта. От е л л о. О, уый кæд уыцы... Яго. Уыцы, кæнæ ’ндæр, Фæлæ кæд уый дæ усы уыд, уæд ын йæ хæлддзинад æргом кæны бынтондæр. О т е л л о. О, уыцы цъаммарæн сæдæ мин царды Цæуылнæ ис? Мæ фаг нæу иунæг цард — Æгъгъæд куы нæ у маст райсынæн иу цард! Ныр сегасыл дæр баууæндыдтæн! Яго, Кæс-ма, мæхицæй сурын æз уæлæрвтæм Мæ тыхджын уарзондзинад — ацыд. Маст, Æхсидгæ сыст зындойы тарæй, ракæл Æддæмæ риуæй! Уарзондзинад, ратт Дæ худ,дæ бандон сау хæрамдзинадæн! Риу, тынгдæр улæф калмы ’взæгты марджы Уæззау æфсондзы бын! Яго. Æрсабыр у, Дæ хорзæхæй. О т е л л о. О, туг мын, Яго, туг!
Яго. Быхсыи дæ хъæуы. Чи зоны æвдæ ма Дæ ныры фæндтæ аивай. Отел л о. Нæ, Яго! Нæ, никæд бон! Раст Понты денджызæн Йæ уылæнтæ æнæ фæстæмæ здæхцæ Куыд бырсынц размæ, размæ Пропонтидæ Стæй Геллеспоитмæ, уыдонау,— мæ фæндтæ, Фæстæмæ никæд раздæхдзысты, стæй Сабыр дæр нал ныууыдзысты мыггагмæ, Æрмæст бырсдзысты туджы фæдыл тагъд Æнæ ’фсисæй, æз цалынмæ иæ райсон Æгъатырæй тызмæг зæрдæйы маст. Хæрым ныр ард рæсугъд арвæн йæ быны: (Иæ зонгуытыл æрлщуыд) Мæ ацы сыгъдæг ардбахæрдыл æз Мæ фæндон никæд аивдзынæи. Я г о (йæ зонгуытыл). Багъæц! Сымах, бæрзондæй рухсгæнæг цырæгътæ, Ды, н’алфамблай æмызмæлæг æрдздых, Æвдисæн ут: хæссы нывондæн Яго Йæ зонд, йæ кард, йæ зæрдæ ’мæ йæ сæр Отеллойы æфхæрд райсынæн абон, Æрмæст зæгъæд — цыфæпды туджы ми Куы уа, уæддæр æй сараздзæпи Яго. О т е л л о. Æз бузныг дæп дæ хорз хæлардзинадæй, Æмæ дын хæс ныртæккæ дæр дæттын: Æртæ бонмæ мын хъуамæ ды зæгъай, Æгас кæй нал у Кассио. Яго., Мæ лымæн Уæлæуыл нал >ис: уый æрцæудзæн мард. Фæлæ, цæй, де ’фсин баззайæд æгасæй. О те л л о. Æлгъыст фæуæд, хæтаг налат, хæрзæлгъыст! Мæ фæдыл цом. Мæн ахъуыды хъæуы Хуыздæр, фыддæр фæрæзтыл, цæмæй уыцы Дзæнæтон зæд æрцæуа тагъддæр мард. Мæ хæдивæг мырæй фæстæмæ— ^г0. 84
Æнусмæ — дæу. Ацæуынц, 4 С Ц Е Н Æ Уый дæр уым. Бацæуынц Дездемонæ, Эмили æмæ худæгой, Дездемонæ. Мæ хур, цымæ нæ зоныс, кæм æрынцади адъю- тант Кассио? Худ æ го й. Нæ зонын, кæм æрфатер кодта. Исты фатер дын мысгæ куы ’ркæнон, уым цæры, зæгъгæ, уæд та мæ сæрыл гадзрахатæй рацæудзынæн. « Дездемонæ. Дæ бон нæу искæй бафæрсын æмæ йæ уымæй ба- зонып? Худ æго й. Æз уый тыххæй æгас дунейы дæр бафæрсдзынæн, ома: араздзынæн фæрстытæ æмæ сын дæтдзынæн дзуаппытæ. Дездемонæ. Ссар æй æмæ дзы ракур ардæм æрбацæуын. Зæгъ- иу ьш, мæ лæгæи, зæгъ, балæгъстæ кодтон, цæмæй дын бахатыр кæна, æмæ ныфс æвæры хъуыддаг са- разыиæй, Худ æго й. *Уый бакæиын бауыдзæн адæймаджы бон, æмæ уымæ гæсгæ бавзардзынæн йæ баххæст кæнын. Ацæуы. Дездемонæ. ,Кæм фесæфтаид уьщы къухмæрзæи, Эмили? Э м и л и. Нæй, нæ йæ зонын, синьорæ. Д е з д е м о п æ. О, уыйбæсты мæ ’хцайæ дзаг чыссæ Куы ахаудаид! Кæд мæ сыгъдæг удыл 85
Æнæууæнк нæу хæларзæрдæ Отелло Æмæ нæ кæны чъизи гуырысхотæ, Тæрсын уæддæр, куы ныллæууа, миййаг, Æвзæр хъуыдытыл атæппæты фæстæ. Э м и л и. Æцæг дæуыл дызæрдыггæнаг нæу? Дездемонæ. Чи? Уый? Нæ, нæ! Мæнырдыгонау ын Йæ бæстæйы хур басыгъта бынтондæр Йæ уыцы ’нкъарæн. Э м и л и. Уартæ ’рбацæуы. Дездемонæ. Ныр ын ныууадзæн нал ис, цалынмæ та Фæстæмæ райса Кассиойы. Бацæуы 0 т елло. Цæй, Куыд у дæ сæр, мæ зынаргъ? О т е л л о. Нал мын риссы. (Фæрсмæ.) О, хин митæ, цæй зын ыстут, цæй зын! Дæхæдæг та куыдтæ дæ, Дездемонæ? Дездемонæ. Дзæбæх дæн æз. О т е л л о. Æри-ма мæм дæ къух. Раст туг æмæ æхсыр! Дездемонæ. Нæ бавзæрста Фыдбонтæ, стæй зæронд нæма у. От е л л о. Уый Зæрдæйы стыр рæдаудзинад æмæ Лæг уарзыны нысан у. О, куыд хъарм у! Хæрз цардхуыз, ноджы —хъарм! О, ахæм къух-иу Фæдомы махæй бархи сафын, кувын, Нæ комдарын, нæ мондæгтæ сæттын,— Æппæтдæр зонын, уый тыххæй æмæ Ам, ахстоны, æрыгон хæйрæг ис, Лæджы зæрдæйæн бирæ низтæ дарæг. О, тынг хорз къух у, стæй уæд ноджы — раст! 86
Дездемонæ. Куыд нæ йæ уа дæ бон уæд афтæ хбнын: Мæ зæрдæйы дын уый куы радта. Отелло. °' Рæдау къух у! Фыццаг рæстæджы-иу Зæрдæ лæвæрдта къухы; фæлæ ныр Зæрдæйы бæсты радтынц къух æрмæст. Дездемонæ. Ныхас кæнын нæу уыйфæдыл мæ бон. Фæлтау-ма зæгъ: мæнæн цы ныхас радтай, Куыд у ныр уый? О т е л л о. Цы ныхас уыд, мæ бæлон? Д е з д е м о н æ. Æз Кассиомæ арвыстон ныртæккæ, Ныхасмæ дæм фæзындзæни рæхджы. От елл о. Æнæхайыры ’хснырсæг мыл ныххæцыд: Фæмары мæ! Æри-ма къухмæрзæн. Дездемонæ. Табуафси. О те л л о. Æз дып кæй радтон, уый. Дездемонæ. Мæхимæ пæй. Отел л о Нæй? Дездемонæ. Нæй. О те л л о. Хорз нæу, мæ мадæп Уый иу цигайнаг хинтæгæнаг ус Лæварæн радта; адæмы зæрдæты Уый касти мæнæ чиныгау; мæ мадæн Лæвар кæнгæйæ афтæ загъта уый: Уа цалынмæ дæ къухмæрзæн дæхимæ, Уæдмæ да* лæг дæу уарздзæнис æмæ дыл Уыдзæн æнувыд. Кæд æмæ дын сæфт, Кæнæ лæвæрд æндæр лæгæн æрцæуа, Дæхи лæг дæ æлгъгæнгæ уæд ныууадздзæн, Æмæ æндæр ус ракурдзæн. Мæ мад Куы марди, уæд йæ къухмæрзæн ныууагъта Мæнæн æмæ ныффæдзæхста, кæд, дам, 87
Æрхæссай искуы бинойнаг, уæд-иу æй Ратт уымæн ды. Æмæ йæ радтон æз Дæуæн дæ къухтæм. Ма йæ фесаф, раст æй Цæсты гагуыйау хъахъхъæн. Искæмæн æй Куы раттай, йе куы фесæфа, уæд дыл Æвирхъау мæлæт сæмбæлдзæи. Дездемонæ. Нæ хъазыс? Отелло. Нæ, баууæнд мыл, йæ хъуымацы уыди Кæлæнтæ конд, уый бахуыдта Сивиллæ, Сæнттæцæгъдæг, кæлæцтæгæнæг ус Дæсыссæдз азы чи фæцардис, ахæм. Йæ цыллæ уыд зæддон кæлмыты рауагъд, Иæ сахорынæн ист æрцыди туг Рæсугъд чызджыты зæрдæтæй. Дездемонæ. Нæ сайыс? Æцæг? О т е л л о. Æцæг. Фæлæ йæ тынг хорз хъахъхъæн. Дездемонæ. О, кæд æцæг у уый, уæд æй фæлтау Куы никуы федтаин! Отелл о. А! Ома, куыд? Дездемонæ. Цæй фæдыл у дæ карз æмæ тызмæг дзырд? О т е л л о. Миййаг дын фесæфт? Ахаудта? Зæгъ-ма: Дæхимæ нал ис? Дездемонæ. О, хуыцау! О т е л л о. Кæм ис? Зæгъ-ма! Дездемонæ. Нæ фесæфт, о, фæлæ, зæгъæм... О те л л о. А-гъа! Дездемонæ. Зæгъын дын ноджыдæр: нæ фесæфт. Оте л л о. Æри-ма, равдис!
Дездемонæ. Равдисин, бæгуы, Фæлæ уый мæн нæ фæнды. Ды кæй хъазыс, Уый æз æмбарын. Курын дæ, мæ хур, Æрбацæуын кæн Кассиойы ардæм. О т е л л о. Мæ къухмæрзæн... Мæ цæстытыл цыдæр Фыднывтæ уайы. Дездемонæ. Цæй, ныууадз! Нæй уымæй Сыгъдæгдæр уд... О т е л л о. Мæ къухмæрзæн æри! Дездемонæ. Дæуæй æз курын: Кассиойы тыххæй Зæгъ исты... Оте л л о. Къухмæрзæн! Дездемонæ. Уый алы хатт дæр Нымадта йе стыр амондыл æрмæст . Дæ хæлардзинад; демæ кодта дих Уæ зынтæ... О те л л о. Къухмæрзæн! Дездемонæ. Ды раст нæ дæ, Сæттын ыл хъæуы... О те л л о. Иуварс! (Ацæуы.) Эмили. Дердыгонау Иæ усыл уый дызæрдыггæнаг нæу? Дездемонæ. Нæма йæ федтон ахæм хуызы ныронг. Æцæгæй уыцы къухмæрзæны ма уа Кæлæнтæ? О, цæй æнамонд фæдæн Йæ фесæфтæй! Э м и л и. Зын базонæн у лæг Аз, йе дыууæмæ. Ахсæнтæ сты лæгтæ, Сæ хæлц та — мах. Ыстонг куы вæййынц, уæд
Фæхæрынц мах; куы бафсæдынц, уæд та нæ Фæкæнынц бухъхъ. Æрбацæуыиц мæ мой, Стæй Кассио. Бацæуынц Яг о æмæ Кас с ио. Æндæр амал дзы нæй. Уый сараздзæнис иунæг Дездемонæ. А, д’амондæн йæхæдæг уæртæ. Цу Æмæ йæм бахат. Дездемонæ. Кассно, мæ хæлар, Цы зæгъдзынæ? Цы хабар ис? К а с с и о. Æз та Мæ курдиатмæ ’рбацыдтæн, синьорæ. Лæгъстæ кæньш дæуæн, æмæ мæ фарс Фæхæц, кæд тд^ ыссарин ногæй м’амонд Æмæ, кæй уарзтон, уыимæ цæрон. Дæ хорзæхæй, æгæр дард ма ’ргъæв хъуыддаг! Кæд м’азым афтæ стыр у, æмæ раздæр Цы хæрзтæ фæдæн, гъеныры сахат Цы масты дæн, кæиæ мæ сомыбон æз Цы лæггад ракæндзынæн маврæн, уыдон Йæ уарзты аккаг нал ысты, уæддæр мæ Фæнды бæлвырдæй уый зонын. Миййаг, Кæд афтæ уа, уæд æз — разы хъысмæтыл, Æмæ та ногæй райдайдзынæн уæд Мæ мæгуыр амоид агурын æндæр ран. Дездемонæ. Цы бакæнон, сыгъдæгзæрдæ хæлар, Мæ лæгъстæйæ дын бирæ ахъаз нал ис! Мæ мой мæ мой куы нал у! Зонгæ дæр æй Нæ бакæнин, йæ зæрдæйау йæ хуыз дæр Куы сивид, уæд. Нæ сыгъдæг зæдтæ дæр Мæн тыххæй афтæ кувæнт, æз дæу тыххæй Куыд куырдтон. Ма’сты бахаудтæн, æргом Кæй дзырдтон, уымæй.' Бабыхс уал рæстæгмæ. Мæ бон цы уа, уый бафæлвардзынæн: Мæхи тыххæй цы нæ бауæндин, уый дæр Дæу тыххæй бафæлвардзынæн, æууæнд. Яго. Уæдæ мæсты у инæлар ныртæккæ? 90
Дездемонæ. О, ацы сахат ацыди цыдæр Æнахуыр тыхстæй. Яго. Ау, куыд зондзæн уый та Мæсты кæнын? Æз федтон, сармадзаны Нæмгуытæ йын йæ салдæтты рæнхъыты Куыд хæлиу кодтой; федтон й’ахсджиаг Æфсымæры йын сау нæмыг хæйрæгау Куыд аскъæфта йæ къухтæй... æмæ уый Мæсты кæндзæни? Нæ, цыдæр дзы ис, Егъау цыдæр! Цон, фенон æй. Егъау Цыдæр дзы ис, кæд тынг мæсты у, уæд. Дездемонæ. Дæ хорзæхæй, цу, суай йæм, Яго. Хъуыддаг, Æвæццæгæн, республикæйыл у. Яго ацæуы. Йе райста исты ’взæр хабар, кæннод та Ам, Кипры, раргом цавæрдæр фыдвæнд Æмæ йын уый æваст зæрдæниз радта. Лæг ахæм раны уыйбæрц тыхст вæййы, Æмæ йæ маст кæуылдæриддæр калы. Лæгæн æрмæст йæ ныхысæр куы сриссы, Уæддæр æгас уæнгты фæхъары. Стæй Мах рох кæнын нæ хъæуы, адæймаг Хуыцау кæй нæу æмæ нæ лæгтæн мах, Сæ ускуырды фыццаг бонтау, æдзух Сæ бон кæй нæу рæвдауын. Бафхæр мæ, Эмили, ды мæ рæузонды тыххæй, Стæй ме ’вæлтæрдæй азымджын кæй кодтон Æнаххосæй мæ лæджы. Фæлæ ныр Мæ зæрдæ мын мæнгæвдисæн кæй фæци, Уый базыдтон. Нæ$ аххосджын мæ лæг. Э м и л и. Хуыцау зæгъæд, куыд уой йæ мастæи аххос Æхсæнады хъуыддæгтæ; ма фæуæнт Гуырысхо ’мæ дæуыл дызæрдыгдзинад! Дездемонæ. Хуыцау æвдисæн, иу дызæрдыгæн дæр Æз аххосджыи куы ницæмæй фæдæн. Э м и л и. Зæрдæхсай мойæн мах дзуапп дзуапп нæ вæййы. Дызæрдыг лæг-иу аххосы фæдыл 91
Нæ фæкæны, миййаг, дызæрдыг, фæлæ Дызæрдыгад йæ конды вæййы ’рдзæй. Дызæрдыгдзинад ахæм удхор у, Иæхи йæхæдæг чи бауадзы гуырдз Æмæ йæхи дæр чи ныййары. Дездемонæ. О, Бæрзонд бардуаг, Отеллойы мын бахиз Ды ахæм удхорæй. Эмили. Амин. Дездемонæ. % Цæуон æм. Ды уал ам багъæц, Кассио. Кэед аей Æнцойæ ссарон, курдзынæн дзы уæд, Цæмæй дæ фæндон баххæст кæна абон. К а с с и о. Зæрдæбынæй дын арфæйаг уыдзынæн. Дезд е монæ æмæ Э мили ацæуынц. Бацæуы Б ь янкæ* Б ь я н к æ. Дæ бон мын хорз уа. К а с с и о. А, мæ зынаргъ Бьянкæ! Æнæниз дæ? Цы митæ кæныс ам? Æз та дæумæ фæцæйцыдтæн ныртæккæ. Б ь я н к æ. Æз та — дæумæ. Кæм фесæфтæ, зæгъ-ма, Æнæхъæн къуыри, авд боны ’мæ ’хсæвы, Сæдæ æхсай сахаты? Уарзон лæгæй Сæдæ æхсай сахаты цух фæу, Уый астыссæдз æхсæвæй дæр фылдæр у. Зын у сæ хынцын! % К ас с н о. Бахатыр кæн, Бьянкæ, Нæ мæ ’вдæлди æхсызгон хъуыддæгтæй, Фæлæ дын, баууæнд, ме ’вдæлон рæстæджы Дæ фæндондзинад баххæст кæндзынæн. Мæ зынаргъ, цымæ ахæм къухмæрзæн Нæ саразис мæнæн? (Дæтты йæм къухмæрзæн.) Б ь я н к æ. Кæм дын уыд, кæ? 92
Æв&ццæгæн, лæвар дæ ног хæзгулæй. Ныр бзмбæрстои цæуылнæ зындтæ, уый. Цы мит^ кæны? Тынг хорз, мæ хур, тынг хорз! К а с с и о. \ Ныууадз-м&, цæй, дæ чъизи хъуыдытæ! Цы хæйрæг дын сæ бахаста дæ сæр-мæ? Дæумæ гæсгае^ лæвар радта мæнæн Æндæр хæзгул? Нæ, Бьянкæ, ард хæрын! Б ь я н к æ. Уæдæ кæй у? К а с с и о. Нæ зопын, бауырнæд дæ, Мæ фатеры йæ ’ссардтон. Тынг фæцыди Мæ зæрдæмæ. Йæ хицау цалынмæ йæ агурын нæ райдыдта,— ’мæ уый та Бæлвырд уыдзæн,— уæдмæ мыи уый хуызæн Куы саразис — иттæг бузныг дæ уаин. Уæдæ йæ айс æмæ йæ хуызæн скæн. Ныр нæ ныууадз. Б ь я н к æ. «Ныууадз»? Цæмæн «ныууадз»? К а с с и о. Рæхджы Отелло ам уыдзæн æмæ мын Сылгоймаджы мæ цуры фена, уый Нæ фæнды мæн. Б ь я н к æ. Цæуылнæ? К а с с и о. Уарзгæ дæ Нæ кæнын, зæгъгæ, уымæн афтæ нæу. Б ь я н к æ. Уæд та мæ сом кæй нал уарздзынæ, уымæн. Дæ хорзæхæй, чысыл-ма мемæ цом, Æмæ мын зæгъ, рæхджы дыл сæмбæлдзынæн Æхсæвыгон? К а с с и о. Дæфæдыл ауайдзынæн, Фæлæ дард нæ. Мæн-ам лæууын хъæуы; Кæрæдзийыл тагъд фембæлдзыстæм, ме зæд. Бьянкæ. Цæй уый дæр мын æхсызгон у. Хъысмæты Цы ныв уа, уымæн хизæн нæй йæ сæрты. Ацæуынц.
1СЦЕНÆ Кипр. Галуаны раз. Бацæуынц 0 т ел ло æмæ Я го. Яго. Цæвиттон, уæдæ афтæ ’нхъæлыс? О те л л о. Афтæ. Я го. _ Ау, цас диссаг у иу сусæг пъа? О т е л л о. Уый. Æнаккаг пъа V. Яго. Науæд хуыссæнуаты Бæгънæгæй иу-дыууæ сахаты нæй Лымæиы цур, æнæ дæлгоммæ митæ, Фæхуыссæн? О те л л о. Куыд? Бæгънæгæй иу хуыссæны, Æнæ дæлгоммæ сау митæ кæнгæйæ? Уый зины раз дыдзæсгомдзинад у! Æнæ фыдвæндæй афтæ чи фæкæны, Зин уыдоны дæр сардауы фыццаг Æнаккаг митыл, уыйфæстæ сæхæдæг Хуыцауы дæр фæрæдийын кæнынц. Яго. Кæд хъуыддаг ууыл ахицæн уа, уæд Ныббаринаг у; фæлæ æз мæ усæн Мæ къухмæрзæн куы раттон, уæд... О те л л о. Уæд цы? 94
Ягр. . \ Уæд уьшлЗæхи у, æмæ йын йæ бон дæр Кæмæн æвцфæнда, уымæн раттын у. ’ 0 т е л л о. \ , ’ * ’ * Уæдæ йæ цæсром дæр йæхи у æмæ Ис уымæи дæрлæндæрæн раттæи, нæ? Я г о. \ Цæсгом, инæлар, ахæм дзаума у — Цæстытыл чи нæ уа^ы. Хаттæй-хатт иæм Цæсгомджын ахæм ла$г фæзыны, мур дæр Цæсгом кæмæн нæй. Фклæ къухмæрзæн... О т е л л о. \ Уæд мард фæуон, дæ ныха^тæ кæд æз Нæ ферох кæнин цингæнгæ/ Ды федтай... О, сау халон бынсæфт хæдзары сæрмæ Куыд уаса, уыйау мæм кæсы дæ дзырд — Мæ къуххмæрзæн ды Кассиомæ федтай? Яго. Æмæ уæд цы? О т е л л о. О, Яго, уый æвзæр у! Яго. Цы уаид уымæй, æз цы федтон, йе дзы Цы фехъуыстон, куы дын зæгъин уый, уæд? Чысыл куы нæ ис ахæм дзæгъæлдзыхтæ — Хæзгул сылæн йæ зæрдæ балхæнын Æнæсцух курынæй æмæ лæгъстæтæй, ♦ Кæнæ та усы хивæндоидзинадæй — Кæй къухы бафты, æмæ уыйфæстæ Йæхицæй алкæм чи феппæлы! О т е л л о. Ау, Æмæ ма ноджы исты уæлдай загъта? Яго. О, загъта, фæлæ, инæлар, дæуыстæн, Уый ахæм ныхас загъта, ард хæргæйæ Йæ бон кæуыл у нал басæттын дæр. О те л л о. Цы дзырдта уæд? Яго. Дзырдта, зæгъгæ... нæ зонын, Куыд æй зæгъон... Дзырдта, зæгъгæ, йæ цуры... О те л л о. Цы? Цы?
Яго. Хуыссыди... Отелло. Уый? Мæ усы цур? Я г о. у О, де ’фсины цур, афтæ мын^æй загъта. Хуыссыд йæ цуры... Хуыссыд йæ цуры!.. О, уый» æлгъаг хъуыддаг у. ^ъухмæрзæн... Басасти йæхæ-у дæг... Кьухмæрзæн! рлхæй йæ хъæуы басæттын кæ/ нын, стæй басæттæг/аг — æрцауьщдзын! Нæ! Фыццар æрцауындзын, ста^й басæттын кæнын! Мæ зыр-зыр цæуы æрмæст уу^йл ахъуыдыйæ дæр... Æрдз йæхи нф батухы ахæм саудалынг, мондаджы раздæр исты æнæ рахатгæйæ. 0, фындзтæ, хъустæ, былтæ! Куыд уьь дзæн уый? Тагъд ыл басæтт! Мæ къухмæрзæн! Дæлимон! ’ (Æрхауы æнхъырдтæгæнгæ.) Яго. Хъаргæ, хъаргæ, Мæ хос, йæ туджы! Афтæ ахсынц, гъе, Æууæндаг зондцухты! Гъе, афтæ мысынц Æнаххос æмæ ’назым устытыл Фыдхудинаджы митæ!.. Инæлар, Æрсабыр у! Синьор! Отелло! Рабад! Бацæуы Ка ссио. А, Каосио! Ка ссио. Цы ’рцыдис ам? Яго. Нæ уыныс? Тæрхъуснизæй фæуадзыг искуыддæр. Уый дыккаг хатт у, ’знон дæр ма фæсур и. Кассио. Йæ ных ын аууæрд* Яго. Нæ, нæ, нæ, нæ хъæуы: Лæг сур куы уа, уæд æм æвиалæн нæй, Йæ комыфынк фæкæлдзæни йæ былтæй, Æваст фæсонт, фæхæйрæджджыи уыдзæн. Кæс-ма, ызмæлы. Ацу уал ды иуварс Чысыл рæстæгмæ ардыгæй. Ныртæккæ
Æрчъвддзæни. Куы ацæуа, уæд мын Цæйдæрктыххæй ныхас уыдзæни демэе.— Гъы, инæкар, куыд у? Миййаг, дæ сæр Ныццавтаи! ^ (Кассио ацæуы.) О т е л л о. \ Худыс? \ Я г о. \ Æз? ДæуьЫ? О, нæ! Хуыцау æвдисæн, мæн фæнды æрмæст, Цæмæй дæ мастæн фида’рдæр фæлæууай. 0 те л л о. Сыкъаджьш лæг хъæддаг сырд æмæ калм у. Яго. Æмæ сырдтæ чысыл, миййаг, куы нæй. Лæггъуыз кæлмытæ горæтты дзæвгар ис. О т е л л о. Нæ басасти? Яго. Ох, цæй, лæгау лæг у! Уый бамбар, алы зачъеджын лæг дæр, Куы ’рхæссы ус, уæд бахауы æнæмæнг йæ быны уыцы ’фсондзæн. Бауыриæд дæ: Милуанты бæрц ис ахæм лæгтæ, ’хсæв Сæ хуыссæнты кæмæн хуыссынц æндæртæ, Фæлæ-иу ард дæр бахæрынц, сæ уаты Кæй фæхуыссынц æрмæст сæхæдæг, ууыл. Дæуæн та циу: дæ хъуыддаг афтæ нæу. Дæ хорзæхæй, зындоны ’лгъыст, кæнæ Æвдиуы сайд нæ^вæййы уыцы лæг, йæ хæлд усы æназым чи фæхоны. Æмæ йын пъатæ чи фæкæны, уый? Фæлтау æй зон: мæхи куы зонон æз, Уæд зондзынæн мæ усæн дæр йæ митæ. О т е л л о. Ды зондджын дæ — бæлвырд V. Яго. Иу минут-ма Слæуу уартæ уым æмæ дæ мастæн быхс. Цы сагъæс дыл нæ фидауы, гъеуый дæ Хзейрæджджынау куы афæлдæхта, уæд Уыдис ам Кассио. Æрымысыдтæн Æз хорз аххос дæ фæсуры тыххæй 7 Шекспир 97
Æмæ йæ иуварс арвыстои; рæхджы / Уыдзæнис ам. Ды бамбæхс æмæ йын Лæмбынæг кæс йæ цæсгоммæ, кæб^иу æм: Цымæ куыд мæлид худæгæй; й^хицæй Æнаккагау куыд æппæлид: аез’ын Кæрæй-кæропмæ радзурын кæндзынæн: Цыхуызы æмæ цал хатты йгаеци Фæсаууонæй дæусимæ, ужнæ Нырæй ф^естæмæ цал х^тты уыдзысты. Фæдзæхсын дын: йæ м’йтæм-иу ын кæс... Æцæг-иу хæц дæхиу&л æмæ быхс, Кæпнод лæгау дььнал хæцыс дæхиуыл Æмæ дæ сомбон хондзынæн æрра. О т е л л о. Быхсдзьшæн æз æплæтдæр,— хъусыс, Яго? — Куыд быхсын, ууыл дис кæндзынæ ды, Фæлæ фæстæдæр,— хъусыс, Яго? — Æз Фæстæдæр тугæй нал зондзынæн бафсис. Яго. Цы кæны, уый дæр хорз у, ис æппæтæн Йæхи рæстæг. Ныр та уал иуварс ацу! (0 т е л л о ацæуы иуварс). Æз Кассиойы бафæрсдзынæн ныр Йæ хæлд хæзгулæй — Бьянкæйæ, æдзух Сылгоймаджы хæрзиуæг уæй кæнынæй Хæлц æмæ дарæс чи æлхæиы, уымæй. Уый бирæ уарзы Кассиойы! Ацы Хæтаг сылтæн æмбисонд у сæ хъысмæт: Фæсайынц лæгты, фæлæ сын сæхи дæр Фæсайы лæг. Куы кæнай Кассиойæн Йæ хæзгул Бьянкæйы кой — тынг фæхуды. Гъе, мæнæ ис. Бацæуы К а с с и о. Яго (фæрсмæ). 0, а сæрхъæн æрмæст Хъæрæй ныххудæд —• уайтагъд уæд Отелло Фæсонт уыдзæн: дызæрдыггæнаг у Æмæ зыгъуыммæ бамбардзæни уæд йæ мидбылты худт, йе ’змæлд æмæ йе ’нгас Мæгуырæг Кассиойæн. (Кассиомæ.)
\ Адъютант, Куыдчдæуынц, цæй, дæ хъуыддæгтæ? К а с с и о, \ Æвзæр, Уæлдайдæр та, цы титулæй мæм дзурыс, Гъеуый сæфтæй мæ сæрæн нал дæн æз. Яго. Хат ноджы тынгдæр Дездемонæмæ,— Хæрын дын ард, дæ хъуыддаг уæд цæттæ у. (Сабыргай.) Ныр Бьянкæйæн куы уаид уый йæ бон,— Хъæлæкк хорз уаид. Ка сси о. Худæгæй фæмæлыи, Куы æрымысын уыцы ’лгъаджы, уæд. Отелло (фæрсмæ). Кэес-ма йæм, худы, худы! Яго. Иунæг ус дæр Нæ федтон уыйбæрц бауарзгæ лæджы. К а с с и о. Мæгуырæг! О, æцæг мæ бирæ уарзы. О т е л л о (фæрсмæ). Кæс-ма: сæтты йыл æмæ худы ноджы Иæ мидбылты! Яго. Фæрсинаг дæ уыдтæн... О т е л л о (фæрсмæ). Ныр æй æргомæй дзурьш кæны Яго. Иттæг хорз, Яго, афтæ, афтæ! Яго. Бьянкæ Хабар дзыхи-дзых ауагъта, ды йæ Кæй курыс, ууыл. Гъæй, зæгъ-ма мæнæн: Æцæг ыскодтай ахæм фæнд? Кассио. Ха-ха-#а! Отелло (фæрсмæ). Уæлахиз худт кæныс, уæлахиз, ромаг! Ка с сио. Æз ракурдзынæн уый — æхсæны хъазæи сылы? * Дæ хорзæхæй, фæтæригъæд кæн мæ сæрæи: афтæ æнæзондыл æй ма нымай. Ха-ха-ха! 99
О т е л л о (фæрсмæ). г Хорз, хорз, хорз! Чи рамбулы, у^дон худгæ фæ- кæнынц. / * Яго. ’ ’ Æцæг хъус-хъус кæнынц, ракурдзынæ, дам, æй, К а с си о. Ау, æцæг, хъазгæ нæ кæныс? Яго. Уæд æнаккагдæр цъаммар фестон, кæд сайын. Отелло (фæрсмæ)ч Æз уын фенын кæндзынæн. Багъæцут. К а с с н о. Ахæм дам-дум йæхæдæг ауагъта уыцы сæрхъæн маймули. Ракурдзынæн æй, зæгъгæ, уыцы дзырдæи йæхицæи кад саразынмæ бæллы, æндæр ын, кæй мæ уарзы, уый тыххæй æз никуы ницы ныфс бавæрдтон. Отелло (фæрсмæ). Яго мæм къухæй амоны, æвæццæгæн ын цыдæр хабар дзурын кæны. К а с с и о. Хæрз чысыл раздæр ам уыди — ссары мæ кæмдæ- риддæр, раст мæ мæ хурхмæ скодта! Цалдæр боны размæ доны былыл ныхас кодтон иукъорд венеци- агимæ; æвиппайды нæ цуры февзæрди уыцы сæнт- дзæф æмæ ме ’фцæгыл ныттыхсти. Отелло (фæрсмæ). «О мæ зынаргъ Кассио!» — зæгъгæ, дзырдта, аф- тæмæй. Уый Кассио æвдисы йе ’ууæлтæй. К а с с и о. Ме ’фцæгыл ныттыхсти æмæ мæм йæхи ивазы пъатæм, кæны мыл æрдиаг, уигъы мæ, йæ фæдыл мæ ласы... Ха-ха-ха! 0 т е л л о (фæрсмæ). Ныр та хъуамæ радзура, мæ уатмæ йæ куыд лас- та, уый. 0, дæ фындз дыи бæргæ уынын, фæлæ йæ ды куыдзæн аппардзынæн, уый нæ зыны. К а с с и о. Нæ, мæхи мын дзы рахицæн кæнын хъæуы. Яго. Уæртæ йæхæдæг дæр æрбацæуы. Бацæуы Б ьянкæ. К а с с и 6. Ацы сылгоймаг раст хъулон мысты хуызæн у, ду~ 100
хига^й цагъд хъулон мысты хуызæн. Ныр мæ цы бай- йард’Ый, даё хорзæхæй? Б ь я н к æ. Хæйрæджыты фыддæр дæ баййарæд йæ фыды уси~ мæ! Цы ’вдисæн у, мæнæ мæм кæй радтай, уыцы къухмæрзæн? Тынг сæрхъæн ми бакодтон æз, кæй йæ райстон, уымæй. Бафæндыдис æй, цæмæй йын уый- хуызæн бахуййон, йæхæдæг æрымысыди, цыма йæ ссардта йæ уаты, чи йæ ныууагъта, уый нæ зонг?ейæ. Лæвар ын æй иу цавæрдæр хæзгул ракодта, æз та йыи уый хуызæн къухмæрзæн куыд бахуийон! Айс æй, æмæ йæ ратт дæ дзыкъыиамæ. Кземфæнды йæ ссар, æз дын нæ бахуийдзынæн уый хуызæн. К а с с и о. Цытæ дзурыс, мæ зынаргъ Бьянкæ? Цытæ дзурыс? О т е л л о (фæрсмæ). Ард хæрын хуыцауæй, уый мæ къухмæрзæн у. Б ь я и к æ. Кавд дæ фæнды мæнмæ æхсæвæрмæ æрбацæуын — дæ бон у; нæ дæ фæнды — гъеуæд-иу рацу, дæ зæрдæ куы зæгъа, уæд. Ацæуы. Яго. Йæ фæдыл, йæ фæдыл! К а с с и о. А-гъай, цæуын хъæуы йае фæдыл, науæд уынджы алывыдтæ калдзæни. Яго. Уыдзынæ йæм æхсæвæрыл, нæ? К а с с й о. 0, æвæццæгæн. Яго. Хорз, æз дæр, чи зоны, бауайон: мæнæн демæ тынг зæрдиаг ныхас уыдзæни. К а с с и о. Дæ хорзæхæй, рацу-иу. Бацæудзынæ? Яго. Хорз. Цæугæ. Кассио ацæуы. О т е л л о. Цы амалæй йæ амарон, Яго? 101
Я г о. Бафиппайдтай, йе ’наккаг митыл ^ыд худти? О т е л л о. О, Яго. Яго. Уæд къухмæрзæн федтай? Оте л л о. Уый мæ къухмæрзæн уыди? Яго. Дæу, ацы къухы ардыстæн. Æмæ уыныс, цы аргъ кæны уыцы дзæгъæлсæр сылгоймагæн — дæ усæн. Уый йын лæвар бакодта, ай та йæ радта йæ хæтæн- хауæг сылæн. О те л л о. Тæхуды, æмæ’ йæ фараст азы дæргъы азæн мард куы кæнин! Диссаджы ус! Зынаргъ ус! Замманай ус! Яго. Цæй, ферох æй кæн! О т е л л о. О, хъуамæ бацарæфтыд уа, бамбийа^ хъуамæ тæк- кæ ахсæв фæуа зындоны амæттаг! Цæрæн ын нал ис а дунейыл, нæ! Мæ зæрдæ ныддойнаг дур ис, нырри- уыгътон æй æмæ йыл мæ къух фæцъæррæмыгъд ис тынг. О, æгас бæстыл нæ уыди хуыздæр æмæ рæ- сугъддæр уыцы сылыстæгæй! Уый уыдаид суанг пад- дзахы фарсмæ хуыосыны æмæ уымæн бардзырдтæ дæттыны аккаг. Я г о. Æмæ дæуæн цы хъауджыдæр у уый? О т е л л о. I Æрцауындзинаг у! Æз æрмæст, цы у, уый зæгъын: диссаджы хуийæг, æмбисонды музыкæцæгъдæг; йæ зарынмæ арсы зæрдæйæ фæлыгъдаид сырддзинад. Ахæм хæрзæххæст, ахæм арф зонд, ахæм дзырда- рæхст. Яго. Уый йæхицæн фыддæр у. О те л л о. 0, мин хатты, мин хатты фыддæр! Стæй ноджы куыд хæларзæрдæ у! Яго. Æгæр зæрдæхæлар! О т е л л о. Ай-гъай, ды раст дæ, фæлæ мыи уæддæр зын у, 102
Яго. О Яго, зын у, хæрз зын у, Яго! Яго. Цæй, кæд йæ сахъат митæ дæ зæрдæмæ афтæ тынг цæуынц, уæд сæ уадз æмæ кæиа; кæд дæумæ нæ хъарынц, уæд сæм æндæр искæй ницы хъуыддаг "ис. Отелло.- Ныкъкъуыхтæ йæ кæндзыиæн, кæрдихгай... Цы сыкъатæ мын иыссагъта! Яго. Уæдæ, уый стыр цъаммардзинад у уыйырдыгæй. 0 т е л л о. Стæй уыцы чъизи мийæн равзар мæ дæлбар служ- бæгæнæджы! Яго. Уый та ноджы цъаммардæр ми у! 0 т е л л о. Марг мын ссар, Яго, тæккæ ахсæв! Рафæрс-ба- фæрс æй нал фæкæндзынæн, науæд мын йæ рæсугъд- дзинад мæ фæндои куы басæтта... Тæккæ ахсæв, Яго. Я г о. Маргæй йæ ма амар, ныххурх æй кæн, цы хуыс- сæнуат фæчъизи кодта, уым. О т е л л о. Тынг хорз, тынг хорз! Мæ зæрдæмæ цæуы афтæ амарыны растдзинад. Иттæг хорз! Яго. Кассиойы тыххæй цы хъæуы, уый — мæ быгъдуан. Алцыдæр фехъусдзынæ тæккæ фæсæмбисæхсæв. О т е л л о. Иттæг хорз. Фæссценæйæ трубаты уаст. Уыдон цавæр мыртæ уой? Яго. Æвæццæгæн, исчи æрцыди Венецийæ. А, уый Ло- довико куы у, дожы æрвыст. Дæ ус^ æрбацæуы йемæ. Бацæуынц Дездемонæ, Лодовико æмæ фæсдзæуинтæ. Лодовико. Салам дæуæн, хъæбатыр инæлар! О т е л л о. Салам, синьор, дæхицæн дæр зæрдæйæ. Лодовико. Нæ кадджын дож æмæ сенаты уæнгтæ Дæуæн æрвитынц арфæ. 105
(Дæтты йæм пак&у.) О т е л л о. Ба кæнын Сæ минæвар — сæ фæнд æххæстгæнæгæн. (Райхæлдта пакет æмæ кæсьи) Дездемонæ. Цы хабæрттæ ис ногæй, Лодовико? Яго. Æгас цæуай, æгас цæуай, синьор; Кæнын дын арфæ де ’рцыдимæ. Л о д о в и к о. Бузныг! Уæд Каосио кæм ис? Кæнæ куыд цæры? Яго. / Цæры, синьор. Дездемонæ. Нæ лæджимæ тызджын Фæхъаугъа сты. Фæлæ сæ, чи зоны, Ды бафидауын кæнай. О т е л л о. Афтæ ’нхъæлыс? Дез1демонæ. Цы, мæ зæд? О т е л л о. (Кæсы.) «Баххæст-иу æй кæн, куыддæр дын Амал уа, афтæ»... Лодовико. Уый дæумæ нæ дзуры, Мæ хорз хæстæг,— йæ фыстæджы кæсы.— Уæдæ хыл фесты инæлар æмæ Нæ Кассио? Дездемонæ, О, ме ’намондæн. Æз Сæ бафидауæггаг мæ уд дæр раттин. Æз Кассиойы бирæ уарзын. Оте л л о. Арт Æмæ зыидон! Дездемонæ. Мæ хур?..
О т е л л о. Дæ зонд фæцыди?, Дездемонæ. Мæсты кæны? Лодовико. Кæд фыстæгыл, миййаг, Мæсты кæны; фыссынц æм, æнхъæлдæн, Венецимæ куыд аздæха æмæ Иæ куыст куыд радта Кдссиойы къухмæ. Дездемонæ. А, уый мæнæи æхсызгон у! О т е л л о. Æцæг? Дездемонæ. Мæ хур... О т е л л о. Мæнæн та де сæрра у ’хсызгон. Дездемонæ. Отелло, уый цæй фæдыл у? О т е л л о. (Цæвы йæ пакетæй.) Дæлимон! Дездемонæ. Цы азым мæм ыссардтай? Лодовико. Инæлар, Гъеууыл ничи баууæндид æппындæр Венецийы. мæхæдæг дæ кæй федтон, Куы хæрин ууыл ард, уæддæр. Синьор, Æгæр у уый! Кæуы, хатыр дзы ракур. О т е л л о. О, хæйрæг, хæйрæг, хæйрæг! Зæхх сывæрджын Ку.ы кæнид усы цæстысыгтæй, уæд Ныййарид алы цæссыг дæр кæфхъуындар. Мæ цурæй —- дард! Дездемонæ. Цæуын, цæмæй дæ мауал Мæсты кæнон. (Фæцæуы.) Лодовико. Цы коммæгæс æфсин у! Охх, инæлар, æз курын, раздах æй. 105
Отелло. Синьорæ! Дездемонæ. Циу, мæ хур? О т е л л о (Лодовыкомæ). Æрбаздæхт мæнæ. Цы йыи зæгъинаг дæ? Л о д о в и к о. Чи? Æз, синьор? О т е л л о. О, ды куырдтай, цæмæй дæм æй фæстæмæ Æрбаздæхтаин. О, йæ бон у амæн Куы ацæуын, куы раздæхын æмæ та Цæуын æмæ та раздæхын, æмæ Кæуын, ай-гъай, кæуын дæр. О, синьор, Уый коммæгæс у,— ды куыд загътай, афтæ,— Хæрз коммæгæс æфсин у! —Аку, аку! — Сенат фыссы, синьор...— О, цас и хинтæ Йæ цæссыгты! — Сенат фыссы, цæмæй Æз аздæхои мæ хæдзармæ фæстæмæ... (Дездемонæйæн.) Цæугæ... Ыстæй дæм барвитдзынæн! (Лодовжойæн.) Сæххæст Кæндзынæн æз сенаты дзырд: цæуын Венецимæ. (Дездемонæйæн.) Цæй, уайгæ! Тагъд! Д ез д ем онæ ацæуы. Мæ бынат Æз Кассиойæн ратдзынæн; ныр та Цом, мемæ ’хсæвæр бахæр. Цин кæнын, Æгайтма та дæ федтон ам, синьор, Тынг цин кæнын... Сæгътæ ’мæ маймулитæ! (Ацæуы.) Л о д о в и к о. Æмæ ай уыцы хорз хъæбатыр мавр у, Æгас зæххыл хæрзиуæгæй цы ис, Æппæт уыдон сенат кæмæ фæхоны!
Æмæ ай уыцы раст, сæрыстыр дуаг у, Йæ мондæгтыл дæр чи зоны хæцын; Ай уыцы фидар æмæ ’гъдауджын уд у, Хъысмæты фат, кæнæ дзæгъæл нæмыг Кæй нæ сæттынц æмæ кæмæ нæ хизынц? Яго. Цы уыдис, ахæм нал у. Лодовико. Кæд йæ сæр Фæнизджын ис? Фæсахъат кæд йæ магъз? Яго. Цы у, уый у. Мæ бон дзы рахъаст нæу; Хуыцау зæгъæд, цæмæй, куыд ын æмбæлы, Уа ахæм лæг. Л о д о в и к о. Дæ усы афтæ нæм! — Ау, уый та куыд? Яго. О, уый, ай-гъай, нæу хорз, Фæлæ тæрсын, миййаг, фыддæрæй исты Куы бакæна. Лодовико. Æдзух дæр афтæ у, Æви йын писмо радта маст йæ тугæн Æмæ фыццаг хатт аирвæзт йæ къух? Яго. Синьор, æдзæсгом уаин, æз цы федтон, Кæнæ цы зонын, уыдон дын куы дзурин. Уындзынæ сæ! Иæ рæдыд митæ дын Æнæ мæн дæр фæдзурдзысты бæстонæй: Дæ хъус æм дар æмæ дæхæдæг фен. Л о д о в и к о. Куыд зын мын у, кæй дзы фæдæн хæрз рæдыд! Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Уат фидары Бацæуынц О т е лло æмæ Э мили. О т е л л о. Уæдæ æппындæр ницы фёдтай?
Э м и л и. НиЦЫ, Æмæ сæ ницы фехъуыстоя æппындæр, Гуырысхо дæр сыл ницæмæй фæдæн. О т е л л о. Уæддæр ын йемæ Кассиойы федтай? Э м и л и. О, федтои. Фæлæ уым æвзæрæй ницы Уыдис, кæд сын сæ алы сныхас хъуыстон, Уæддæр. О т е л л о. Куыд, ау, сæхимидæг дæр-иу /Ембæхст ныхас нæ кодтой? Э м и л и. Нæ, нæ кодтой. Отелло. Сæ цурæй дæр дæ никуы арвыстой, Миййаг? Э м и л и. Нæ, никуы. О т е л л о. Цыма, веермæ, Æрмкъухтæм, йе — кæнгæ цæсгомы ’фсон... Змили. Нæ, инæлар, иæ, никуы. О т е л л о. Диссаг, диссаг! Э м и л и. Дæ бинойнаг сыгъдæг кæй у, æз ууыл Мæ сæр лыгмæ æвæрыи; кæд дæумæ Нæ кæсы афтæ, аив уæд дæ хъуыды, Дæ зæрдæйæн дзы уæгъды низ кæныс. Дæ удæн уыцы сау дызæрдыгдзинад Цы цъаммар ратта, уый, фыдбоны калмау, Иыццæвæд арв, æдзæм мард дзы куыд фæуа! Кæд ма дæ ус нæу раст æмæ сыгъдæг, Æгъдауджын ма кæд уый нæу, а дунейыл Уæд лæгты ’хсæн нæй амондджын æппын, Уæд устытæн сæ сыгъдæгдæр у чъизи, Раст хахуырау. О т е л л о. Æрбарвит-ма йæ, цу. Эмыл и ацæуы. ш
йæ раст кæиынæн бирæтæ фæдзырдта, Фæлæ йын чи у — й’аудæг æрмæст, , Лæгъзæвзагæй дæсиы дзурæг; о сусæг Цъаммар миты гуыдыр æмæ дæгъæл! Кæс-ма, гъеуый дæр зонгуытыл æрлæууы Æмæ фæкувы — федтон уый дæр æз! Бацæуынц Д е зд е мо нæ æмæ Э мили. Дездемонæ. Цы зæгъдзæни, мæ дзæбæх сæрыхидау? О т е л л о. Æрбацу-ма, мæ бæлон. Дездемонæ. Циу, мæ хур? О т е л л о. Дæ цæстытæм дын бакæсон. Кæс-ма мыи Мæ цæстытæм. Дездемонæ. Цæй фæдыл у дæ хъазт? Отелло (Эмилимæ). Ды та цу, кæн дæ хæрзгæнæджы михæ! Уадз уарзæтты сæхи бар,— сæхгæн дуар; Куы цæуа исчи, уæд ысхуыф, йе ’рбадзур,— Ды ахæм мнтыл ахуыр дæ. Цæугæ. (Эмили ацæуы.) Д е з д е м о н æ. Дæ хорзæхæй, мæ зонгуытыл дæ курыи: Цы амоны, цæй фæдыл у дæ ныхас? Уынын дæ дзырдты ’хсидгæ маст æрмæст, Фæлæ цæмæн — уый не ’мбары мæ хъуыды. О т е л л о. Зæгъ-ма мын, чи дæ? Дездемонæ. Дæу, мæ сæрыхицау, Дæ коммæгæс, сыгъдæгцæсгом æфсии. О т е л л о. Ард бахæр ууыл: рагацау дæ уд Зындонмæ ратт; кæннод дæ рухс цæсгом Суанг удхæссæг куы фена, гъеуæд уый дæр Йæ хæссынæй фæтæрсдзæни. Дывæрæй Лрд бахæр, тынг æнувыд мыл кæй дæ. Дездемонæ. Хуьщау æвдисæи! 109
О т е л л о. Уый æвдисæн у Дæ худинаджы чъизи сау хъуыддæгтæн. Дездемонæ. Цæмæй дæн чъизи? Ц’азым мæм ис уæд? О т е л л о. О, Дездемонæ, иуварс, иуварс, иуварс! Дездемонæ. О, ’намонд бон! Цæуыл кæуыс, зæгъ-ма? Миййаг, æз дæн дæ цæстысыгтæн аххос? Æви кæд афтæ ’нхъæлыс, æмæ дæм Венецимæ кæй сидынц, уый мæ фыды Дзырдæй у; ау, æмæ уым м’азым циу? Отелло. 0, стыр хуыцау куы раттид, бæргæ, Уæззау зынтæ ’мæ хъизæмар доæ удæн; Мæ гом сæрыл куы руарыдаид арв Хъыг æмæ маст, мæгуыр кæуинаг царды Куы ныссагъдаин къубалмæ; æвæрд Куы ’рцыдаид мæ ныфс æмæ мæ уæнгтыл Хъадамантæ, уæддæр ма фаг хъару Мæ рыст зæрдæйы ссардтаин быхсынæн. Фæлæ ам аххос уый у, æз мæ уд Цæмæн радтон, мæ зынг цæм ис; куы нал уа, Уæд та — мæлæт; ам аххос уый у — цард Раст суадонау, цæмæй гуыры, нæ зæххыл Кæй байсыстæй цард нал фæкæны ад. Дездемонæ. Уæддæр æз афтæ ’нхъæлын, дæу кæй уырны Мæ сыгъдæгдзинад. 0 т е л л о. О, ай-гъай, сыгъдæг дæ, Раст базары дзидзайы цæндтыл сæрд Куыд сыгъдæг вæййынц мард бындзытæ, афтæ! О, адæймаджы ’нкъарæнтæ сæттæн, Сыгъдæг уæларвон сау рæсугъддзинадæй Лæджы зæрдæ цагъаргæнæг... Фæлтау 4 Нæ хъуыд дæ райгуырд! Дездемонæ. Уæд мæ азым циу? О т е л л о. Циу й’азым!? Ау, хуыздæр гæххæтт æмæ Рæсугъддæр чиныг уымæн конд æрцæуынц, Цæмæй-иу сыл фыст æрцæуа: «хъахбай!»
йæ азым циу? О, ’хсæныдарæн исбон! Куы райдаин дæ митæ дзурын æз, Мæ цæсгом уæд æфсæйнагтайæн пецау Сырх зынг ысуаид; ме ’фсарм, уæд бынтон Æртхутæг фестид. И’азым циу? Циу й’азым? Хæтаг сыл, зоныс, арв дæ сау митæм Кæй сæхгæдта йæ фыидз; кæй банхъырдта йæ цæсгом мæй дæ уындæй; къæйных дымгæ,— Æппæтæн пъатæ чи фæкæны, уый дæр,— Йæхи дæлзæхх хуыккæмтты ’мбæхсы арф. Цæмæй дæ чъизи митæ мауал хъуса, Хæтаг налат! Д е з д е м о н æ. Бæрзонд хуыцау уыны, Дзæгъæлы мæ кæй æфхæрыс бынтондæр. О т е л л о. Хæтаг нæ дæ? Дездемонæ. Сыгъдæг кæй дæн, уый раст у, Чырыстон кæй дæн, уый куыд раст у, афтæ! Кæд искæй лæгты ’нæзакъон æвнæлдæй ,'Сылгоймагæи йæхи хъахъхъæнын нæу Хæтæнхъуагдзинад, уæд дæ бинойнаг дæр . Хæтаг ус нæу. Отелло: Хæтаг ды нæ дæ? Ды? Дездемонæ. Нæ дæи, нæ дæн, хæрын дын ард мæ удæй! О т е л л о. Ау, уый та куыд! Дездемонæ. Хуыцау, тæригъæд бакæн! О т е л л о. Уæдæ ныббар, æз та æнхъæлдтои дæу Венециаг цæстфæливæг налат, Отеллойы йæхи мой чи бакодта. Бацæуы Э ми ли. Цæй, зындоиы кæлæнтæ хъахъхъæнæг, Мах фестæм. Гъа, дæ фыдæбоны аргъ дын. Дуар бакæн æмæ—иу сыбыртт дæр нæ! (Ацæуы.)
Э м и л и. Мæ дунейыл! Цы бæллæх ыл æрцыд? Цы сфæнд кодта? Цы дыл æрбамбæлд, ме ’хсин? Зæгъ-ма, зынаргъ синьорæ. Дездемонæ. Раст цыма Мæ мидфыны дæн. Э м и ли. Ау, æмæ цы кодта? Дездемонæ. Чи? Эмили. Чи? Ай-гъайдæр уый: дæ еæрыхицау. Дездемонæ. Мæ сæрыхицау? Æмæ уый та чи у Э м и л и. Дæу чи у, уый, мæ хорз æхсин, дæ лæг, Дездемонæ. Мæнæн лæг нæй. Фæрсгæ дæр мæ дзы ма кæн: Цæстысыгтæй дьш раттин дзуапп бæргæ, Фæлæ мæ бон кæуын дæр нæу. Мæ чындздзон Хуыссæны цъæрттæ-иу мын байтау ахсæв, Æнæмæнг. Цу, фæдзур дæ лæгмæ ныр. Эмили. Гъеуый дын, гъе хабæрттæ! (Ацæуы.) Дездемонæ. Ахæм дзыхæй Ысдзур мæнмæ! Цымæ мыл афтæ тынг Цæмæ гæсгæ фæгуырысхо уыдаид? Бацæуы Э мили Яго имæ. Яго. Цы хъуыддагæн дæ бахъуыдтæн, синьорæ? Цы хабар у? Дездемонæ. Куыд æй зæгъон — нæ зонын, Сывæллоны куы ахуыр кæнай, уæд Иæ бафхæрын æгъдауыл хъуамæ зонай. Мæнæн дæр уымæй иучысыл æфхæрд Æгъгъæд уыди. Сывæллон ма куы дæн. Яго. ч Ау, уагæры цы хабар у? 112
Эмили. Охх, Яго, Йæ лæг ын ахæм алывыд фæкалдта, Кæй ’нæ бабыхсид иунæг ус дæр, нцкæд. Дездемонæ. Зæгъ-ма, æз ахæм нæмтты аккаг дæи? Яго. Уæд цавæр нæмтты, намысджыи синьорæ? Дездемонæ. Мæ лæг мыл кæй сæвæрдта, ахæмты? Э м и ли. Фæхуыдта йæ дзæгъæлхæтаг, налат! Цыфæнды ра-сыг мæгуыргур дæр уыдон Иæ уаозонæн нæ зæгъид. Яго. Ау, цæй фæдыл? Дездемонæ. Цы бæрæг и, æз зонын уый æрмæст, Æмæ нæ дæн, кæй ном мын дæтты, ахæм. Яго. Маст ма кæ, ма ку! Ехх, цы ’намонд бон у! Э м и л и. Ау, уый тыххæй нæ бакуымдта цытджын Хъæздыг лæппутæн? Уый тыххæй ныууагъта Иæхиуæтты, йæ фыд æмæ йæ бæстæ, Цæмæй йыл ам хæтаг сылы ном уа? Кæй бон у уым æнæ скæугæ фæлæууын! Дездемонæ. Æвæццæгæн, мæ хъысмæт фæцис ахæм! Яго. Æлгъыст æрбауæд, сау æлгъыст! Цымæ йæм Кæцæй фæзынди ахæм сонтдзинад? Дездемонæ. Хуыцау — дæсны! Э м и л и. Уæд мард фæуон, кæд ацы Фыдхахуырдзинад н’ауагътаид иу Æдзæсгом цъаммар, хинæйдзаг мæнгард, Æлгъаг фыддзых, цæмæй йæхицæн райса Уæлдæр бынат æнаккаджы кæлæнтæй! Кæд афтæ нæу, уæд амæлæд мæ уд! Яго. Фи, ахæм адæм а дунейыл нæй — Нæ, нæ! 8 Шекспир
Дездемонæ. К>ед ис — хуыцау сын æй ныббарæд! Эмили. Нæ, нæ, фæлтау сыи ауындзæн фæуæд% Тæрхонгæнæг! Зындоны хай фæуæнт! Ау, гъеньтр æй цæй тыххæй рахуыдта Йæ мой хæтаг сыл? Исчи йыл зылди? Уæд кæм? Ие —кæд? Цыхуызы? Нæ, уый мавры Фæсайдта иу цъыфхор, æдзæсгом цъаммар, Фыдгæнæг гауыр... Гъæй-джиди, хуццау Куы раргом кæнид уыцы саузæрдæты, Æмæ куы раттид раст адæмтæм ехс, Цæмæй дзы уыцы ’наккæгты бæгънæгæй, Фыднадгæигæ, æгъатырæй тæрой Æгас бæстыл ыскæсæнæй цæгатмæ! Яго. Æгæр хъæр ма кæн. Э м и л и. Уыцы хахуырдзыхтæ Æлгъыст фæуæнт! Дæу дæр ма иухатт ахæм Зыгъуыммæ сæрра кодта æмæ мæи Хуыдтай хæзгул Отеллойæн. Я го. Æрра сдæ, Æвæциæгæп. Ныхъхъус у, банцай цæй! Дездемонæ. ’ Цы бакæион, зæгъ-ма, цæсгомджыи Яго, Цæмæй та мæм æрхъ^ермуд уа мæ лæг? Дæ хорзæхæй, æрбахон æй! Кæныи Мæ сомы арвы рухсæй — ницы зоныи, Цæй тыххæй мæм фæтызмæг уыдаад. Кзеиын мæ сомы зонгуытыл лæугæйæ: Кæд бафхæрдтои йæ уарзоидзииад æз Фыдвæндæй, йе æнæуаг митæй искуы; Мæ зæрдæ, йе мæ цæстытæ, мæ хъустæ Кæд искуы ’ндæрмæ аздæхтон; кæд æй Мæ удыйас зæрдæбынæй нæ уарзын Мæ фыццаг уарзтау, науæд та йæ кæд Нæ уарздзынæн хъаймæты бонмæ, раст мæ Йæ хæдзарæй куы фæсурид, уæддæр — Мæ сæр мын гъеуæд сыитытæ ныттонæнт! Тыхджын у маст, фæлæ йæ ма*стæй иунæг Мæ цард сæтты, мæ уарзондзинад — нæ! Хйетаг сыл, дам,— йæ зæгъын дæр кæй бон у! ш
Кæрзы мæ зæрдæ йе скойæ дæр. Æз Нæ дунейы хъæздыгдзинæдтыл дæр " Нæ бакæнин, цы мæ фæхуыдта, уый ми. \ Яго, Æрсабыр у, æрсабыр у, æхсин: Тызмæг нæ хæсдзæн бирæ. Паддзахады Хъуыддæгтыл афтæ стыхст æмæ йæ маст Дæуыл ныккалдта ’гасæй дæр. Дездемонæ. Бæргæ Куы уаид афтæ! Яго. Ард хæрын æз ууыл. Хъуысы трубаты уаст. Гъе, хъусыс? Сидынц дæм æхсæвæрмæ. Фенут-иу хорз венециаг хæлæртты. Цæй, ма ку. Цу сæм. Хорз уыдзæн æштæтдæр. Д ез д е монæ æмæ Э мили ацæуынц. Бацæуы Р о д р иго. Гъы, куыд, Родриго? Р о д р и г о. Куыд куы зæгъай, уæд мæм афтæ кæсы, цыма мын æдзæсгом лæджы ми кæныс. Яго. Цæй тыххæй уæд? Родриго.1 Ды æрвылбон мысыс алы иог фæдфæливæнтæ æмæ мæ, мæхи зæрдæхыгъдæй, хæстæг нæ кæныс, дардæй- дарддæры йедтæмæ; ныфс мын цæмæй бавæрдтай, уыцы нысанмæ. Æз дын зæгъын, нал у мæ бои бых- сын, -стæй нæ зонын, дæу фыдæй цы сæрхъæндзинæд- ты бахаудтæн, уыдон дын ныххатыр кæнон æви нæ? Я г о. ’ ’ Байхъус-ма, Родриго. Р о д р и го. Бирæ дæм фæхъуыстон: дæ иыхæсты æмæ се ’ххæсткæныны ’хсæн иудзинад нæй. Яго. Æппындæр мæ раст не ’фхæрыс. Р о д р и г о. Нæ, раст дæ ’фхæрын: доны къусы сæфт фæцис мæ бирæ исбон. Дæумæ цы бриллианттæ радтон Дез- демонæйæн, уыдонæн се ’мбис суанг моладзаны дæр сразы кодтаид. Загътай мын, айста сæ, зæгъгæ, ныфс ЧТ5
мын бавæрдтай, тагъд мердæм кæй фæуыдзæн, уы- мæй, афтæмæй йæ кой дæр нæма ис. Я г о. Хорз, хорз, дзур дарддæр! Р о д р и го. Хорз, дам, дзур дарддæр! Мæ бон нал у дарддæр • дзурын, стæй дзы хорзæй дæр ниды ис. Ард хæрын арв æмæ зæххы фыдæхæй — æдзæсгом ми кæныс æмæ ’мбарын байдыдтои — хинæй мыл кæй цæуыс. Яго. Иттæг хорз! Род р и го. Зæгъын та дын — хорз нæу æппындæр. Æз мæхæ- дæг баныхас кæндзынæн Дездемоиæимæ: кæд мын мæ бриллианттæ фæстæмæ радта, уæд ыл нал зилыи, æмæ йæ разы басæтдзынæн, æнæгъдау куырд æй кæй . кодтон, ууыл. Уый куы нæ уа, уæд та,— рох дæ ма уæд,— дæуимæ фидаудзынæн. Яго. Фæдæ? Род р и го. О, æмæ ницы загътон, йæ бакæнын кæмæн не сфæнд кодтон, ахæмæй. Яго. Уæдæ, гъепыр уынып байдыдтон, фидар зæрдæ дын кæй ис, æмæ ацы минутæй фæстæмæ мæ цæсты уы- дзыиæ, амæй размæ дæ куыд æнхъæлдтои, уымæй хуыздæр лæг. Æри дæ къух, Родриго! Ды иттæг раст фæгуырысхо дæ мæныл, фæлæ уæддæр, нæ хуыцауы- стæн, æз дæ хъуыддагыл зæрдиагæй архайдтон. Ро д р и го. Уый нæ зыны. Яго. Ай-гъай, æцæг нæ зыны, æмæ дæ гуырысхо дæр дзæгъæлы нæу. Фæлæ дæм, Родриго, æз нырснгæй бирæ фылдæр рахатыпмæ кæй хъавын,—ома, фидар зæрдæ, хъæбатыр зæрдæ æмæ лæгдзинад,— уый дæм кæд æцæг ис, уæд æй равдис тæккæ ахсæв; æмæ кæд уыйфæстæ, тæккæ райсом^ Дездемонæ дæу нæ бауй, уæд-иу мæ пыккуыдз кæ гадзырахатæй, бакæи-иу мын цыфыддæр митæ. Р о д р и г о. Æмæ цавæр хъуыддаг у? Зæрдæхудтаг нæу? На- уæд æнцон бакæиæн у? 16
Венецийæ дзырд æрцыди, цæмæй Кассио æрцахса Отеллойы бынат. Родриго. Æцæг? Уæдæ Отелло æмæ Дездемонæ Венецимæ аздæхдзысты? Яго. О, нæ! Отелло цæуы Мавританимæ æмæ йемæ ла- сы рæсугъд Дездемонæйы дæр, кæд ам егъау истæй тыххæй нæ бакъуылымпы уа, уæд,— æмæ уымæн та нйцы ис, Кассиойы аиуварс кæнынæй хуыздæр. Ро дриго. Æмæ йæ куыд аиуварс кæнынмæ хъавыс? Яго. Отеллойы бынат куыд нал æрцахса, афтæ — йæ сæрыпырх ын акалæм. Родриго. Æмæ дæу фæнды, цæмæй уый æз бакæнон? Яго. Ай-гъай, кæд дæ фæнды дæ хъуыддаг саразын æмæ дæ маст райсьш, уæд. Аизæр уый æхсæвæр хæры йæ хæзгулмæ, æз дæр бауайдзынæн уырдæм. Кассио нырма нæ зоны, кады бьшат ын кæй радтой, уый. Кæд дæ фæнды, куьт рацæйздæха, уæд йæ размæ ба- бадын,— æз афтæ бакæндзынæн, цæмæй рацæуа 12 сахатæй фыццаг сахаты ’хсæн,— уæд ын дæ бон у цыдæриддæр бакæнын. Æ^ лæудзынæн æввахс ран дæуæн баххуысæи æмæ йæ дыууæйæ бахъуыддаг кæи- дзыстæм... Цæуыл джихтæ кæныс, цæ? Цом мемæ; фæидагыл дын æз афтæ бæстонæй радзурдзынæп, амарын æй. кæй хъæуы, уый, æмæ дæхæдæг дæхи хæс- джып рахондзынæ уыцы хъуыддаджы! бæрны бацæ- уынæй. Æхсæвæр афон у æмæ тагъд байдайдзæни талынг кæнын. Хъуыддагмæ! Ро д р иго. Мæн ма фæндыди, ацы амарыны хабар цæй фæ- дыл у, уый тыххæй ноджы бæстондæр аххостæ базо- нын. Я г о. Æз дын сæххæст кæндзынæн дæ фæндон. Ацæуынц. 117
ЗСЦЕНÆ Æндæр уат фидары. Бацæуынц 0 т е л ло, Лодовико, Де з д е мо нæ, Э мили æмæ фæсдзæуинт æ. Лодовико. I Дæ хорзæхæй, зын мауал кæн дæхицæн. Лæуу. О т е л л о. Ницы кæны! Арацу-бацу мын Хуыздæр у. Лодовико. Цæй, хæраæхсæв у, синьорæ! Лæуу, бузныг! Дездемонæ. Цæй, дæ дзæбæхтæ нæм хъуысæнт! О т е л л о. Цæуæм, уæдæ, синьор? О Дездемонæ! Дездемонæ. Мæ хур! ; О т е л л о. Цæугæ хуыссынмæ; æз рæхджы Уыдзынæн ам; лæггадгæнæджы арвит Æнæмæнг, хъусыс? — ма феррх кæн. Дездемонæ. Хорз. Отелло, Лодовико æмæ фæ сдзæуинтæ ацæуынц* Э м и л и. Куыд дæм фæкаст? Мæнмæ гæсгæ, фæсабыр. Дездемонæ. Фæстæмæ тагъд æрбаздæхинаг у. Ныххуыс, дам-иу, ныртæккæ дæр; дæуæй та Уый афтæ загъта, арвит, дам, æй. Э м и л и. Мæн? Дездемонæ. О, ахæм у йæ фæндон. Цæй, мæ дзæбæх Эмили, цу, æрдав мын ме ’хсæвдарæн Æмæ цæугæ, хæрзæхсæв! Нал æй хъæуы Мæсты кæнын. Э м и л и. Ехх, уыдон бæсты йыл Фæлтау куы никуы фембæлдаис.
Дездемонæ. Нæ, Мæ зæрдæ афтæ иикуы зæгъид. Афтæ . Тыхджцн æй уарзын, æмæ мын йæ маст дæр, 4 Йæ уапдзæф дæр, йæ бустæ дæр... Ам суæгъд кæн... РГæ алцыдæр æхсызгон у. Э м и л и. Æрдæбон Цы цъæрттæй загътай — бакодтон дын сæ Дæ хуыссæнтыл. Дездемонæ. Хорз, бузныг. 0 хуыцау, Цæй æдылы вæййæм! Дæ хорзæхæй, Эмили, æз куы амæлон дæ разæй, Уæд-иу мыи ацы хуыссæнты цъæрттæй Мæрддзæгтæ скæн. Э м и л и. Цытæ дзурыс! Ныууадз-ма! Д ез д е м о н æ/ Уыдис мæ мадмæ кусæг чызг кæддæр,— йæ ном — Барбарæ. Иу лæппуйы уарзта Æмæ йæ уыцы сайæгой лæппу Хæрз мæгуырæй, æнамоидæй ныууагъта. Барбарæ-иу, хъуыды ма йæ кæнын, Иæ зарæг зарыди хæрис бæласыл, Æвдыста-иу йæ зæрдæйы маст уым, Æмæ мæрдтæм дæр ацыдис æд зарæг. Мæн дæр фæнды ныр уыцы зарæг зарын. Мæ хъуыдытæй нæ цух кæны æппын, Барбарæйау мæ зæрдæйы ныххауди. Дæ хорзæхæй, фæтагъд кæ. Э м и л и. Де ’хсæвдарæн Хæдон дын раттон? Дездемонæ. Суадз мын мæпæ ме ’гънæг. Эмили, о, æвæдза, Лодовико Сæрæнгуырд у. Эмили. Хæрзкоид лæппу у тынг. Дездемонæ. Æниу куыд у пыхасмæ дæр — дзырдарæхст! Э м и л и. Æз Веиецийы иу сылгоймаг зонын, æмæ уый суанг 119
Палестинмæ бæгъæввадæй фæцæуид Лодовикойæн йу~ нæг абайыл. Дездемонæ (зары). «Цъæх хæрис бэёласы бын бадти мæгуыр чызг* æнкъардæй,— О, зарут цъæх хæрис бæласыл! — Р1æ риуыл æруагъта йæ рыст сæр, фæлмæст уыд йæ цардæй, 0, зарут цъæх хæрис бæласыл! — Уым суадон куы уади æмæ йын хъырныдта йæ хъæрзтæн,— 0, зарут цъæх хæрис бæласыл! — Йæ цæстыты сыгтæм куы хæлдысты сау дурты фæрстæ»... Айс мæнæ уый. «О, зарут цъæх хæрис бæласыл!» Ацу, дæ хорзæхæй: тагъд æрбаздæхдзæни. «О, зарут хæрисыл — æрзайдзæн мæ ингæныл уый! Мæ хуры мын ма’фхæрут, ницы дзьг хъазт кæнын æз»... Нæ, афтæ цыма нæу. Хъусыс, Эмили, чидæр дуар хойы. Э м и л и. Уый дымгæ у. Дездемонæ (зары). «Мæ хурæн æз загътон: «Фæливæг!» Мæнæн та уый загъта цæхгæр: «Æз устыты фæдыл дæн зилæг, Лæгты фæдыл зил, дам, ды дæр!» •Эмили, ацу, ацу ныр. Хæрзæхсæв! Мæ цæстытæ мæ тынг хæрынц. Цæосыджы Нысан нæ уа? Э м и л и. Цытæ дзурыс! Куы нæ! Дездемонæ. Æз афтæ фехъуыстон. О, лæгтæ, лæгтæ! Эмили, ис, дæ хорзæхæй, цымæ, Æцæгæй ахæм устытæ, сæ мойты Зæрдæхудты сайд чи фæкæны? Э м и л и. Ис, Стæй бирæтæ. Дездемонæ. Ды афтæ бакæнис, 120
Куы дын дæттиккой ’гас дуне, уæддæр? Э м и А и. , , Д’ы та? Дездемонæ. Нæ, никæд, арвы рухс — æвдисæн! Э м и л и. О, рухсы уый нæ бакæнин æз дæр, Хуыздæр у уымæн талынджы, æхсæвæй. Дездемонæ. Ау, гъемæ афтæ бакæнис ды, суанг дын Æгас дуне куы дæттиккой, уæддæр? Э м и л и. 0, дуие — уый æгæр егъау хæзна у, Æмæ зынаргъ у, тынг æвгъау у ахæм Чысыл рæдыдыл фидынæн. Дездемонæ. Ныууадз-ма! Нæ мæ уырны, зæрдæйæ дзурыс, уый. Э м и л и. Ард дын хæрын, афтæ мæм кæсы, цыма баууæндин, стæй рараст кæнин хъуыддаг. Кæй зæгъын хъæуы, æз уый нæ бакæнин ницæйаг æнгуырстуантыл, хъуыма- цы цалдæр адлийыл, уæлæдарæсыл, юбкæтыл, æхсæв- дарæн худтыл, науæд æцдæр ахæм хуымæтæджы мур- тыл, фæлæ æгас дунейыл?! Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, кæ- цы сылгоймаг не скæнид йæ мойы сыкъаджын, уый- фæстæ йын æм паддзахы бынат куы хауа, уæд? Æз уый тыххæй суанг зындонæй дæр нæ фæтæрсин. Дездемонæ. Нæ, æз мæхи æлгъыстагæн раттин, уæддæр æгас дунейыл дæр ахæм æбуалгъ ми мæ сæрмæ не ’рхæс- син. Э м и л и. Омæ æбуалгъ а дунейыл у æбуалгъ, фæлæ дуне дæ бафыдæбонæй куы райсай, уæд уыцы æбуалгъ ми дæхи сæрмагонд дунейыл уыдзæни æмæ йæ уайтагъд басусæг кæн. Дездемонæ. Нæ, мæн нæ уырны, ахæм ус дунейыл Кæй уыдзæн, уый. Э м и л и. Ис, бауырнæд дæ, бирæ; — Фæлæ мæ зондæй афтæ ’мбарын æз: Кæд устытæ æнæуаг ми фæкæнынц, 121
Уæддæр уым аххос лæгтæ сты æрмæст. Куы рох кæнынц сæ хæс æмæ сæм махæн Цы хæрзиуæг ис, уый æндæр сылтæн Куы фæдæттынц; æрра сæрхъæнтау ныл Гуырысхотæ куы фæкæиыиц æндæртæм, Æдзух-иу ныл куы фæкалынц сæ маст, Куы нæ фæнæмынц, махæн сæм цы вæййы, Уый иннæтыл куы бахардз кæнынц уыдон, Уæд махæн, ау, æппын зæрдæтæ нæй? Уæндаг кæд не стæм уыдонау, уæддæр нæм Гæзæмæ хъару мастисынæн ис. Уæдæ уадз, лæгтæ зоной: устытæм дæр Кæй ис æмбудæн мойтау; уыдонмæ дæр Кæй ис сæ мойтау равзарынæи цæст, Уырз æмæ ноджы ’нкъарæнтæ; сæ мойтау Дз&бæх кæй зонынц уыдон дæр: циу маст Æмæ циу адджын. Ау, цы сæ фæфæнды, Æндæр устытыл мах куы ивынц, уæд? Сæ зæрдæтæн æхсызгон раттын? — Афтæ! Сæ мондæгтæ нæ фæисыиц? — Бæгуы! Рæдыдмæ сæ лæмæгъдзииад нæ ласы? Æнæмæнг, о. Æмæ уæд мах æппын Нæ зонæм лæгтау мондаг райсын, йе нын, Лæгмæ бæлгæйæ, адджын уарзæн нæй? Уæдæ цæрæнт хуыздæр нæ мойтæ немæ, Кæннод-иу зонæнт, мах тæригъæд ми Куы фæкйэнæм, уæд сын сæхи кæй фæзмæм! Дездемонæ. Хæрзæхсæв у, хæрзæхсæв! О, хуыцау, Мæ уды мын тæригъæд митæй бахиз, Цæмæй фæуа мæ цардамонд уæлахиз! Ацæуынц.
!СЦЕНÆ Уынг. Бацæуынц Яго æмæ Ро др иг о. Яго. Ам цæджындзы хæдфарсмæ слæуу: зындзæни Рæхджы уый ардæм. Де ’хсаргард-иу слас Æмæ йæ цæв; æрмæст дзæбæх, тыхджын! Тæрсгæ-иу ма кæн: æз æввахс уыдзынæн. Нæ амонд, йе нæ мæлæт ам и, зон, Фæлæ дæхи иттæг ныфсхастæй равдис! Р о д р и г о. Хæстæг ран лæуу: куы фæивгъуийон æз.., Яго. Дæ цуры дæн. Рæвдз, де’хсаргард фæцъортт лас! (Чысыл дарддæр ацæуы.) Родр иго. Лæг амарын мын иуыл фæндон нæу, Фæлæ мын Яго хорз зæрдæтæ ’вæры. Æниу цы кæны — иунæг адæймаг Фæкъаддæр уыдзæн! Размæ, ме ’хсаргард! Ныммæла хъуамæ! (Слæууыд цæджындзы фæстæ.) Яго. Растыгътон ын гъеныр Иæ зæрдæйы хæлмæгтæ: тынг ысмæсты; Куыдфæнды уæд: йе Кассио фæмард уа, йе — мард Родриго фæуа, йе — кæрæдзи 123
Фæнды ’ ныммарой — рамбулдзынæн æз. Родриго ’гас куы баззайа, уæд мæ Фæстæмæ курдзæн йе ’хцатæ ’мæ йе ’ппæт у 1 Брильянттæ — Дездемоиæйæн лæв&ртты у Æфсонæн дзы кæй фæсайдтон æз, уыдон; / Æмæ уый хъуамæ ма уа; Кассио Куы фервæза, уæд та æрвылбон дæр ’ ’ Иæ рухс цардæй мæ цард кæидзæни тал/ьшг, Ыстæй мæ ноджы раргом кæндзæн марр, Æнæмæнг, уымæн: хорз нæу уæд мæ хабар. Нæ, хъуамæ мард фæуа; æндæр хос нæй. Æрбацæуы: йæ къæхты хъæр мæм хъуысы. Бацæуы Кас с ио. , Р о д р и г о. йæ цыд ын зонын: уый у! (Йæхи цæвы Кассиойыл.) Амæл, цъаммар! К а с с и о. Ай-гъай, фæмард уыдаин, ме ’згъæр хæдои, Ды куыд æихъæлдтай, уымæй фидардæр Куы нæ уыдаид, уæд. Ныр та дын де ’згъæр Æз бавзарон. (Барæхойы Родригойы.) Р о д р и г о. О, амардтæн! го рауайы аууонæй. Кассиойы зæнг барæхойы æмæ алидзьи К ас сио, Фæцæф дæн! Æххуыс’! Гъей, рухс! Фыдгæнджытæ! Лæгмартæ! (Æрхауы.) Бацæуы 0телло. О т е л л о (фæрсмæ). Уый Кассио у. Сæххæст кодта Яго Йæ дзырд! Р о д р и г о. О, о, цæй цъаммар дæн. Отелло. Хорз, хорз!
К а с с и о. О, баххуыс кæнут! Рухс! Хирург мын! Отелло. Уый у! О. растзæрдæ, цытджын хъæбатыр Яго. Æмбалы ’мæ лымæны бафхæрæгæй Йæ маст иттæг хорз райсæг: ахуыргæнæг Мæиæн ды дæ! Цæй, ме зæд, мард фæци Дæ ль|мæн;\тагъд дæхи рад дæр уыдзæнй. Фæцæуын дæм, налат! Дæ рæсугъд хуызæй, Дæ ирд цæстытæй нал судзы мæ уд. Цы уаты кодтай чъизи сау хъуыддæгтæ, Уым акæлдзæн дæ чъизи туг ныртæккæ! (Ацæуы.) Бацæуынц Л о д о в и ко æмæ Грациано. К а с с ’и о. Исчи-ма! Нæдæр цæуджытæ, нæдæр хъахъхъæнджытæ! Лæгмартæ! Лæгмартæ! Грациано. Цыдæр бæллæх æрцыдис ам: нæ хъусыс Фæдисон тарст хъæр? К а с с и о. Баххуыс кæнут! Лодовико. Мæнæ! Родриго. 0, ’лгъысты цъаммар! Лодовико. Æнхъæлдæн, æртæ сты, Цæй тар æхсæв у! Ам нын цъысым ма уа? Мæнмæ гæсгæ, æдылыдзинад у Сæ цурмæ цæуын афтæ цъусæй. К а с с и о. Нæй, Нæй ничи ам! Мæ туг бынтондæр фемæхст! Бацæуы Я го æд рухс. Лодовико. Хъусыс? Грациано. Чидæр рухс æмæ хæцæнгæрзтимæ ’рбацæуы. Я г о. Чи стут? Цавæр хъæлæба у? Чи хъæр кодта, 125
«Лæгмартæ», зæгъгæ? Лодовико. Нæ зонæм. Яго. Ау, нæ уæм фехъуысти хъæр? К а с с и о. Уæ хорзæхæй, фæкæсут-ма мæм; ардæм! Яго. Нæ хъусут? Чи уа? Чи хъæр кæны уый? Грациано. Æнхъæлдæн æмæ мавры адъютант у. Лодовико. Æцæг у уый,— хъæбатыр Кассио. Яго. Гъей, цавæр лæг дæ, уыцы карз хъæргæнæг? К а с си о. Ды дæ уый, Яго? О, ныххуынчъытæ дæн Лæгмарты къухæй! Баххуыс мын кæн тагъд! Яго. Ды дæ уый, адъютант! О, ме ’сфæлдисæг! Æмæ цы фесты лæгмартæ? Ка с си о. Сæ иу’ Æрхауди, цыма, уæртæ уым, йæ бон Уæлæмæ сыстын нал у. Яго. Гъе, мæнгæрдтæ! Гъей, чи стут, ардæм! Гъæ, цъыфхортæ! Тагъд Фæзынут баххуысмæ! Родриго. Фæкæеут мæм! К а с с и о. Гъеуый сæ иу у. Яго. Гъæ, фыдгæнæг цъаммар! Гъæ, хинæйдзаг, æнаккаг! (Рæхойы Родригойы.) Р о д р и го. О, æлгъыстаг, Æлгъыстаг Яго — адæймагæргæвдæг! (Амæлы.)
#го. Æдсæвыгбн мар адæмы! Цы фесты Цымæ, уæд, иннæ марджытæ? Ныхъхъус и Бынтондæр горæт. Гъей, фæдис, фæдис! , (Лодовико æмæ Грацианомæ.) Уый чи стут? Хорз, æви фыдгæнæг адæм? Лодовико. Куыд дæ фæнды, афтæ нæ рахон. Яго. Синьор Лодовико? Лодовико. Æз, синьор. Яго. Охх, бахатыр кæп, дæ хорзæхæй, Мæнæ Кассиойы ныррæхуыстой абырджытæ. Грациано. ( Кассиойы? Яго. Цы ран фæцæф дæ, ме ’фсымæр? К а с с и о. Мæ зæнг мын Дыууæ дйхы фæкодтой. Яго. \ О хуыцау! Синьортæ, тагъд!.. Æз та уал ын æрбæттон Мæ хæдонæй йæ цæф зæнг. Бацæуы Бь янкæ. Бъяякæр Цавæр у? Уый чи хъæр кодта? Яго. Чи хъæр кодта? Б ь я н к æ. О, Хуыцау! О, Кассио, мæ зæрдæдарæн! О, Каесио! О, Кассио, мæ хур! Яго. Дард лæуу, налат сыл! — адъютант, æппын Ыæ бафиппайдтай, афтæ тынг дæ чи Ныццавта, уый? К а с с и о. Нæ. Л27
Грациано. Маст кæнын, дæу афтæ Кэей уынын, ууыл: агуырдтон дæ. Яго. Гъæй, Хæцъилы скъуыддзаг никæмæ ис? Бузныг. Æххæст ма нæ цæфхæссæн куыф куы уаид, Кæннод, миййаг, куы фæрисса. Б ь я н к æ. Кæсут-ма, Фæуадзыг ис. О, Кассио! Яго. Синьортæ, Мæ зæрдæ ’хсайы, ацы фæлдыст ус Уыдис æнæмæнг марджытимæ. (Кассиойæн) Фидар Фæхæц дæхиуыл, ме ’рдхорд. Гъеныр-ма мæм Æри дæ цырагъ æмæ фенæм мах, Цымæ нæ зонæм иннæйы? (Бацæуы Родригомæ.) О, зæдтæ! Мæ хорз хæлар, мæ уарзон бæстаг! Уый Ды дæ, Родриго? Нæ? Сыгъдз^гæй уый — Родриго. Грациано. Куыд, венециаг? Яго. Ай-гъай. Æмæ йæ зоныс? Грациано. Зоныс, дам, æй! Тынг хорз. Яго. Ды дæ уый, Грациано? Бахатыр кæн, Дæ хорзæхæй. Нæ дæ фæхъуыды кодтон Æбуалгъ туджы хабæртты тыххæй. Грациано. Æхсызгон у мæнæн дæ фенын ам. Яго. Цæй, Кассио, нæ фенцой дæ? — Цæфхæссæн Лæгкуыф нын, тагъд! 123
Г р Ъ ц и а н о. Родриго! Яго. Уый, ай-гъай! (Бахæссынц лæгкуыф.) Кæдæй-уæдæй æрбахастой! Ныр æй, Мæ хæлæрттæ, хæсгæут тагъд, æрмæст æй Дзæбæх хæссут: фæрисдзæни; æз та ’ Нæ инæлары хирургмæ фæдзурон. (Бьянкæйæн.) Ды та, синьорæ, мауал кæн лæггад.— Фæлæ ды зонью, Кассио, ам мардæй Цы лæг ис, уый мæ хорз хæлар кæй у? Цы хæрам уыди уе ’хсæн? К а с с и о. Мурдæр ницы; % Æз æй нæ кодтон зонгæ дæр. Я го (Бьянкæмæ). Ды та Цы ныффæлурс дæ? — Цæй, хæсгæут тагъддæр! Ахæссынц Кассио æмæ Родригойы. Уæдæ цæуыл ныффæлурс дæ? Кæсут-ма, йæ цæстытæ куыд зилынц! Хорз, нырма Дæуæй мах бирæ базондзыстæм, багъæц. Кæсут-ма йый, уæ хорзæхæй, йæ хуызмæ, Дзæбæхдæр-ма йæм бакæсут! Уынут? Фыдгæнддзинад æнæ ’взагæй дæр дзуры. Бацæуы Эмили. Эмили. Цæй хъæр у уый? Цы бæллæх æрцыд, Яго? Яго. Æрдæбон ам Родриго æмæ ноджы, Цæйдæр лæгмартæ талынджы æваст Ныббырстой Кассиомæ. Тынг фæцæф ис Нæ Кассио, Родриго та фæмард. Э м и л и. Мæ хæдзарыл! Æнамонд Кассио! Гъеуый йын радтой, гъе, йæ хæлд хъуыддæгтæ! Яго. Дæ хорзæхæй, Эмили, тагъд-ма уайгæ,, 9 Шекспир 129
Ды Кассиойы бафæрс, цымæ дысон Кæм хордта ’хсæвæр? (Бъянкæйæн.) А, зыр-зыр кæныс? Б ь я н к æ. Æхсæвæрыл мæнмæ уыд дысон. Фæлæ Æз уый тыххæй куы нæ зыр-зыр кæнын! Яго. Л-гъа, дæумæ? Цæугæ уæдæ мæ фæдыл! Э м и л и. Æлгъысты налат! Б ья н кæ. Раст нæ дæ: мæн афтæ Цы ус æфхæры, уыйау æз сыгъдæг дæн. Э м и л и. Мæнау, дам! Гъæ, дзæгъæлхæтаг! Яго. Цæй ныр, Дытджын синьортæ, цомут æмæ фенæм — Куыд бабастой æнамонд Кассиойæн Йæ хъæдгæмттæ. (Бьянкæмæ.) Цæугæ ды дæр нæ фæдыл; Æидæр аргъау кын ракæндзынæ уым. Эмили, марадз, фидармæ суай.тагъддæр Æмæ, цы ’рцыдис ацы ран, бæстон Фæдзур æппæтдæр инæларæн æмæ Иæ усæн. Цæй, уæдæ, синьортæ, цом. (Фæрсмæ.) О, ацы ’хсæв кæнæ хæрз сæфт кæидзынæн, Кæнæ бæрзонд цыты раныл æфтдзынæн! Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Хуыссæнуат. Дездемонæ хуыссы. Стъолыл цырагъ судзьи Бацæуы 0 т е л ло. О т е л л о. •^Ис аххос мæнæ, аххос ис, мæ зæрдæ! Иæ ном уын æз нæ зæгъын, о рæсугъд Цырæгътæ — рухс ыстъалытæ... Ис аххос! Нæ мæ фæнды йæ туг ныккалын; мæн
Нæ фæнды ацы митæй урсдæр æмæ Хæрдгæ быдау рæсугъд буар лыг кæнын; Фæлæ йæ хъуамæ амарон, (Сласы йæ кард.) Ай-гъай, Кæннод, миййаг, æндæрты дæр фæсайдзæн. Æрхуыссын кæнои цырагъ. Æмæ уæд... Æрхуыссын кæнон цырагъ? Дæу куы ’рхуыссын Кæнон, мæ рухс лæггадгæиæг, уæд ыл Фæсмон ^суы ’ркæнон, гъеуæд та дæ ногæй Ыссудздзынæн; фæлæ, миййаг, дæуæн — Æгас зæххон мæлииæгты хæрзконддæр — Дæуæн дæ зынг куы ахуыссын кæнон, Кæм ардзыиæн #æ зынг уæд Прометейæн, Цæмæй та ног дæ риуы ссудзон арт? Мæ бон куы нæ у, дидинæг куы ’ртонон, ^Уæд уый фæс^тæмæ^рзайын кæнын; хъуамæ Ныххус уа! ,'Уфдæ ^алынмæ тынд нæу; Мæ~мондæп;æ дзы^ый агъоммæ сжхшЬ (Кæиы ба Дездемонæйæн.) X) адджын улæфт! Раст тæрхонгæнæг дæр Йæ кард дæумæ нæ сисид. Ноджы, ноджы... О, мардæй дæр раст афтæ у. Æз та дæ Кæнын ныр маргæ^гНоджы ма. Фæстаг хатт! С^ДДЖШГæ&æ у^уырауæн ба| | | | Кæуын, кæуьг^! М&лæ^гдзаг у йæ цаёссыг! I Мæ маст æрвты м^ст )К. Уый маргæ кæны, Ц’ы уарзы, уый... А^райхъал ис! Дездемонæ. Кæцы дæ Уый ам? Отелло, ды? Отел л о. •Æз, Дездемоиэе. Дездемонæ. Æмæ цæуылнæ схуыссыс, мæ хур? Отел л о. Ахсæв Хуыссыиы размæ скуывтай, Дездемонæ? Дездемонæ. О, м’ахсджиаг. Отел л о. Кæд ма дæ зæрды ис, 131
Кæй це схъæр кодтай, ахæм тæригъæдтæ, Уæд кувгаё тагъд. Дездемонæ. Цы зæгъинаг дæ, ме зæд? О т ел л о. Цæй, акув, а, æрмæст цыбыр. Æз та уал Ам рацу-бацу акæнон уæдмæ/' Нæ мæ фæиды дæу амарын, мæлæтмæ Цæттæ нæма уай, афтæмæй,— хуыцау мæ Дæ уд марынæй бахизæд! Нæ, нæ. Дездемоцæ. I Мæлкты кой кæныс? О т е л л о. , \ Ай-гъай. Дездемойæ. Хуыцау дзы Мæн бахизæд! О т е л л о. Амин! Хуыцау зæгъæд. Дездемонæ. • Амин, зæгъгæ, ды загътай: уæдæ мæ Ныр маргæ нал акæндзынæ? Отелло. Гм! Гм! Д е з де м 0:нæ. Фæлæ уæддæр тæссаг дæ тынг, Отелло! Тæссаг вæййыс, дæ цæетытæ-иу афтæ Куьи зилынц, уæд. Цæмæй тæрсон — нæ зоныш Тæригъæдджын æз ницæмæй дæн, фæлæ Тæр[сын уæддæр — æнкъарын^шк — тзёрсын. О те л л о. " """" ^ Дæ тæригъæдтыл ахъуыды кæн тагъддæр. Дездемонæ. Мæ тæригъæд — æрмæст дæу тынг кæй уарзын. О тел л о. Гъеуый тыххæй ды ссардзынæ мæлæт Раст ахсæв. Д е з д ё м <р н æ. I Уарзыны тыххæй мæлæт — Æр|дзы ныхмæ фыдвæнд у. Тынг тæсс&г дæ! Цæнæп дæ былтæ ’хсыныс? Стыр цыдæр Æнахуыр маст дæ риуы ’хсиды; уый Цыдæр бæллæхмæ сайы; фæлæ мæн Уæддæр ныфс ис, йæ амæттаг мæ сæр 132
Кæй нæ фæуыдзæн. Отелло. Банцай,— дзургæ нал! Д е з д е м о н«æ. Хорз, банцайдзынæн. Фæлæ ды цы хъавыс? Отелло. Мæ зыиаргъ къухмæрзæн — лæвар дын чи уыд, Уый Кассиойæн радтай. Дездемонæ. Нæ, мæ цардæй Кæнын æз сомы: Кассиомæ барвит — Иæхи йын бафæрс. О т е л л о. Хъахъхъæ, ме зæд, хъахъхъæ Мæнг сомытæй: дæ уæлсынтыл куы дæ. Д ез де м.онæ. Ныр мæ, миййаг, нæ мардзынæ? О т е л л о. Ныртæккæ; Фæлæ дæхæдæг барвæндонæи басæтт Дæ тæригъæдтыл, уымæн æмæ ард Куы хæрай, азымджын кæй нæ дæ, ууыл, Уæддæр мæ тæрхон н’ аивдзыпæн æз, Кæд ыл дзыназын, гъеуæддæр. Дæ мæлæт Æрцыд уæдæ! Дездемонæ. Хуыцау, тæригъæд бакæ! О т е л л о. Амин. Дездемонæ. Ды дæр фæтæригъæд кæн. Æз Фыдмийæ ницæм бафхæрдтон дæу мурдæр. Æз Кассиойы уарзтон, зæдтæ нын Кæйдæриддæр цы уарзтæй уарзын уадзынц, Зыбыты уымæй. Къухмæрзæн дæр ын Нæ радтон. 4 Отелло. Ард хæрын — бæлвырд æм федтон Мæ къухмæрзæн. О, хингæнæг сылгоймаг. Мæ зæ’рдæ мын ныддур кодтай; æз раст Цы стæрхон кодтон худинаджы бæсты, Уый хоныс ды æн’ азымæй мæлæт! Мæ къухмæрзæн æз Кассиомæ федтон.
Дездемонæ. Уæдæ йæ ссардта — ницы радтон æз. Фæдзур æм: уадз æмæ зæгьа рæстдзинад. Отел л о. Уый загъта! Дездемонæ. Цы? О тел л о. Кæй уыди демæ баст. Дездемонæ. Цыхуызы уæд? Æнæ закъонæй? Отелло. , О. Дездемонæ. Ныр нал зæгъдзæн! О тел л о. Ай-гъай дæр,— уымæн æмæ йæ зæгъæн дзых æрцыди ныр æхгæд: Цæсгомджын Яго бацархайдта ууыл. Дездемонæ. Мæ судзгæ маст æмбарын ныр: ау, амард? Отел л о. Иæ сæры ’рдутæй алкæмы дæр уд Куы фæцадаид, с ’алкæмæн дæр гъеуæд Иæ аскъуыдæй æз райстаии мк маст. Дездемонæ. О, стыр хуыцау! Фæсайд ис, æмæ сæфын! Отел лЪ. Ага, налат ус, ноджы йыл мæ разы Кæуын уæндыс! Д е з д е м о н æ. О, асур мæ фæлтау, Уæддæр мæ маргæ ма акæ! О т е л л о. Мæлæт, Мæлæт налатæн! Дездемонæ. Райсом-иу мæ амар, Уæддæр ма ахсæв бауадз мæ цæрын! О т е л л о. Нæ уыдзæн уый! Дездемонæ. Æрдæг сахат уæд та. О т е л л о. Цæмæн у ’мгъуыд?
Дездемонæ. Уæд та мæ скувын бауадз. О т е л л о. Нæ байрæджы ис, байрæджы ис ныр. (Хурх æй кæны.) Э м и л и (фæссценæйæ). Синьор, синьор, дуар бакæ, тагъд! Дуар бакæ! О те л л о. Цы хабар у? Æгас ма у, æгас. Æгъатыр дæн, фæлæ тæригъæд зонын; Дæ хъизæмæрттæ бирæ хæссой, уый Нæ фæнды мæн. Гъе, афтæ, афтæ. Э м и л и. Тагъддæр, Синьор! О т е л л о. Кæцы дæ уый? Эмили. ( Синьор, фыдхабар! О т е л л о. Эмили? О! Ныртæккæ. Амард. Уый Бæлвырд æрхаста Кассиойы уацхъуыд. Хъæрæмахст цас уыд! Басабыр ис, раст Ингæнау. Куыд, æрбауадзин æй ныр? — Хуыздæр уыдзæи? Цыма та фезмæлыди. Нæ, нал тæлфы. Куыд бакæнон? Уый ардæм Куы ’рбацæуа, уæд дзурдзæни мæ усмæ... Мæ усмæ? Цавæр? Нæй, мæнæн ус нæй! О хъизæмар! О удуырауæн сау бон! Цыма ныртæккæ рухс мæй æмæ хур Æгас бæстыл ныссаудалынг уыдзысты Æмæ нæ быны аскъуыйдзæни зæхх... Э м и л и. Синьор, цæй тагъддæр! О т е л л о. А, мæрдрох мыл бафтыд... Эмили, рацу, рацу, рацу! Багъæц! Ныртæккæ! Хуыссæн бахгæнон. (Бакæны дуар.) Бацæуы Эмили. Цæй, циу? 135
Цæмæ фæзындтæ ацафон? Эмили. Æвирхъау Лæгмард æрцыдис, кадджын ннæлар. О т е л л о. Куыд? Ацы сахат? Эмили. Ацы сахат. Отелло. Мæй Иæ фæндагæй фæцудыдта, нæ зæхмæ Æгæр æввахс æрбазылд æмæ адæм Хæрз æрра сысты. Э м и л и. Кассиойы къухæй Фæмард венециаг — йæ ном Родриго. О т е л л о. Куыд, мард фæци Родриго? Кассио дæр Фæмард и, нæ? Э м ил и. Нæ, уый нæ фæмард. О т е л л о. О, Кæд афтæ у, уæд не сæххæст мæ фæнд Æмæ мæ туг йæ маст исынмæ ’хсиды! Д ез дем онæ. Æнаххосæй, æнаххосæй мæлын! Э м ил и. Уый чи хъæрзы? Оте л л о. Хъæрзы? Кæцæй? Э м и л и. Мæ дуне! Уый ме ’хсины хъæрзын куы у! 0 ардæм! Æххуысмæ тагъд, æххуысмæ! Исты зæгъ, Зъшаргъ æхсин, зæтъ исты, Дездемонæ! Дездемонæ. Æнаххосæй мæлын! Э м ил и. Зæгъ-ма мын: чи у Дæ марæг? Дездемонæ. Ничи... Æз мæхæд... Хæрзбон! 136
Хæларзæрдæ Отеллойæн-иу ратт Фæстаг салам! Хæрзбон! (Амæлы.) О т е л л о. Цымæ йæ чи Амардтаид? Э м ил и. Цы бæрæг ис? О т е л л о. Уæддæр дзы Ды фехъуыстай, æз кæй нæ уыдтæн, уый? Эмили. О, фехъуыстон: лæууын æвдисæн ууыл. О т е л л о. Уæдæ уый араст зындоны цъæх артмæ Фæлитойæ: æз дæн йæ марæг, æз! Э м и л и. Кæд раст зæгъыс, уæд уый сыгъдæг уыд зæдау, Ды та — æвдиу æлгъыстаг! О т е л л о. Раст фæндагæй Фæцудыдта æмæ хæтаг ысси. Э м и л и. Мæнг у, мæнг дзурыс уымæй ды, дæлимон! О т е л л о. Цæугæдонау, фæливæг уыд. Э м ил и. Цъæх артау, Æрра дæ ды, кæд афтæ дзурыс, уæд. Нæ, нæ, æназым уыди зæдау! Отелло. Йемæ Цард Кассио хæзгулы цардæй. Бафæрс Дæ лæджы уымæй. О, куы нæ уыдаид Егъау аххос йæ амарынæн, уæд Куы бакодтаин ахæм ми — зындоны Цъæх арты мидæг судзийаг уыдаин. Дæ лæджы бафæрс: уый æппæтдæр зоны. Э м ил и. Мæ лæг? О т е л л о. Дæ лæг. Э м и л и. Дæ хуыссæн дын синьорæ 137
Фæчъизи кодта,— афтæ зæгъы? О т е л л о. Йæ лæджы хайта — Кассио. Æнувыд Куы уыдаид мæныл, уæд мын хуыцау Æндæр дуне рæсугъддæр хризолитæй3 Куы лæвæрдтаид, гъеуæддæр æй æз Нæ баивтаин ууыл дæр. Эмили. Мæ лæг!.. О т е л л о. О, уый мын загъта се ’ппæтæй дæр раздæр. Цæсгомджып лæг у æмæ чъизидзинад Йæхицæн уый æлгъаг кæны. Э м ил и. Мæ лæг?.. О тел л о. Цымæ цæмæн у уал хатты йæ дзурын? Дæ лæг, ай-гъай дæр. 3 м и л и. О мæгуыр синьорæ, Куы фæхудтис дæ уарзондзинадыл Цъыфхоры маст! Уæдæ мæ лæг фæлитой Хуыдта дæ усы? О т е л л о. О, зæгъын, дæ лæг! Цы ныкъкъæндзыг дæ уыцы дзырдыл гъеныр — Æви йæ иал æмбарыс? О, дæ лæг, Мæ хорз хæлар, сыгъдæгцæсгомджын Яго. Э м и л и. О, кæд æцæг уый ахæм хахуыр загъта, Уæд йе ’лгъаг уд æрвылбон дæр æмбийæд Æрдæгмисхалгай. Хахуыр кодта уый! Æгæрдæр ма куы уарзта ме ’хсин йе ’взæр, Æнамонд равзæрст мойы. О те л л о. А! Э м и л и. Цыфæнды Фыдсау ми бакæ: д ’ацы хъуыддаг нæу Хуыцауы аккаг, ды дæ бинойнагæн Куыд нæ уыдтæ йæ аккаг, афтæ раст. 3 Хризолит — æргъæуы мыггаг. 138
О т е л л о. Æнцад, æнцад, хуыздæр уыдзæн дæхицæн. Эмили. Цыдæриддæр фыд саразай, дывæрæй Фылдæр уромын бауыдзæн мæ бон. О, ’наккаг лæг, æнæзонд æмæ чъизи, Сæрхъæн, æрра! Цы бакодтай! Нæ тæрсын Æз де ’хсаргардæй. Де стыр фыд дын æз Ныхъхъæр кæндзынæн алкæм, уый тыххæй мæ Ыссæдз марды куы акæнай, уæддæр. О, баххуыс кæнут, баххуыс кæнут! Мавр Иæ бинойнаджы амардта! Фæдис! Бацæуынц Монтано, Грациано, Яго æмæ иннæтæ. Моитано. Цы хъæр ис ам? Цы.'рцыдис, инæлар? ■Эмили. Фæзындтæ, Яго? Хорз лæг дæ, кæд дæ Дæ зонгæтæ сæ лæгмарæн хъуыддæгты Фæхонынц аххос, уæд. Грациано. Цы ’рцыдис ам? Э м и л и. Кæд ды лæг дæ, уæд ацы саузæрдæйы Æппæт дзыллæтæн раргом кæн: æццæй, Дзырдтай йын ды, зæгъгæ, хæтаг у йе ’фсин? Æз зонын — ды нæ загътаис: ды уыйбæрц Мæнгард нæ дæ. Зæгъ-ма, мæ маст фæтоны. Яго. Æз ын, куыд мæм каст, уый загътон æрмæст; йæхимæ раст æмæ бæлвырд цы фæкаст, Æз ницы загътон уыдонæй уæлдай. Э м и л и. Иæ ус хæтаг у, уый дæр загътай? Яго. Загътон. Э м и л и. Уæдæ мæнг загътай, хахуырдзых æдзæсгом; Æз ард хæрын: цъыф калдтай усыл, цъыф! Хæзгул, дам, Кассиойæн! Кассиойы Ном загътай? Яго. Кассиойы, о, фæлæ-ма Дæ дзыхыл хæц. Ш
Эмили. Нæ хæцьт, нæ, æз хъуамæ Зæгъон: хуыссы йæ уаты ме ’хсин мардæй... Се ’ппæт. О стыр хуыцау, ныххатыр кæ, ныббар! Эмили. Æмæ йæ марын акодта дæ хахуыр! О т е л л о. Цы джих кæнут, синьортæ? Уый æцæг у! Грациано. Гуымирыдæр æцæгдзинад! М о н т а и о. Сырддон Фыдракоиддзинад! Э м и л и. О æвирхъау цъадамар! Мæ зæрдыл ныр æрлæууцди, бæстон Æмбарып алцы. О æДзæсгом цъаммар! Мæ зæрдæ ’хсайдта гъеуæддæр. Мæхи Фæсмон&^й хъуамæ лмарон. ÆвирХъау Цъаммардзинад! Яго. Дæ зонд фæцыд æви? Цæугæ нæхимæ! Э м и л и. О дзæбæх синьортæ! Уæ хорзæхæй, æрбайхъусут мæм: кæд Йæ коммæ кæсын у мæ хæс, уæддæр æм Нæ хъусын ныр... О, Яго, чи зоны, Æмæ нæхимæ нал баздæхон ахсæв... О т е л л о (Хуыссæиыл ныддæлгом ис). О-о-о-о! Эмцли. Ныддæлгом у, дзыназ! Зæххыл цы уыд сыгъдæгдæр æмæ растдæр, Æназымæй уый б.абын кодтай ды. Отелло (рабадгæйæ). О, нæ, уыдис уый сау кæлæнтæй йедзаг! (Грацианомæ) Мæ хæстæг, дæу хæрзчысыл зонын æз.„ Ам де ’фсымæры чызг хуыссы, æмæ йæ Ныххурх кодтой æцæгдæр ацы къухтæ, Сæттьш — мæ ми сырдон ми кæй у, ууыл. 140
Гр аци а но. Æнамонд Дездемонæ! Цин кæнын, , Дæ фыд æгас кæй нал у, ууыл: низ Р1æ зæрдæ ссардта, ссагьæсаг, дæ фæстæ Дæ моймæцыды хабарæй æмæ Йæ зæронд зæрдæ аскъуыди дæ мæстæй. Нырмæ ма ’гас куы баззадаид, уæд Фыддæр хъыджы ныххаудтаид, æлгъыстæй Фæсырдтаид йæ зæды æмæ ’нусмæ Фыдхъизæмарæн раттаид йæхи. О те л л о. Зын ысты се ’ппæт; фæлæ Яго зоны, Кæй уыди йемæ мин хаттæй фылдæр Хæзгулдзинады Кассио. Лæг басаст Йæхæдæг ууыл. Уарзондзинады Нысанæн ын мæ фыццаг лæвар радта,— Ай-гъай, мæ уарзощринады нысан... Мæхæдæг æй æз Кассиомæ федтон: Уыдис уый къухмæрзæн, мæ фыд мæ мадæн Кæй радта, ахæм. / Э м и л и. О уæларвон тыхтæ! Яго. Гъей, банцай! Э м и л и. Нæ, нæ! Хъуамæ сæ зæгъон! Æз банцайон? Нæ, ацы ран дымгæйау Æз дзурдзынæн цыдæриддæр, уадз æрвтæ, Æгас дзыллæтæ, хæйрæджытæ — се ’ппæт Мæ ныхмæ сыстой — дзурдзынæн уæддæр... Яго. Хуыздæр дын у: цæугæ хъæмæ! Э м и л и. Нæ уыдзæн! (Яго йæм лæбуры.) Грациано. Уый худинаг у, Яго! — ’хсаргардæй Лæбурын усмæ! Э м и л и. О, гуымиры мавр! Дæ къухмæрзæн æз ыссардтои æмæ йæ Мæ лæгмæ радтон: цалдæр хатты мæ, 141
Цæй аргъ нæ уыди уыцы дзаума, уьшбæрц Зæрдиагæй йæ радавын куырдта. Яго. Æлгъыстаг калм! Э м и л и. Ома йæ Кассиойæн Дæ ус радта? — Нæ! Уый ыссардтон æз Æмæ йæ уыйфæстæ мæ лæгмæ радтон. Яго. Мæнг зæгъыс, цъаммар! Э м и л и. Ард хæрын, æцæг у! Синьортæ, раст у! О, æнæзонд удхор! Æниу, уæддæр, дæ хуызæн æнæзондæн Æвгъау уыд ахæм арврæсугъдсылгоймаг! Оте л л о. Ау, арвы цæхæр уымæй у æрмæст, Цæмæй нæра! О, цъаммарты цъыфхордæр! Лæбуры Ягомæ, уый та ныррæхойы Эмилийы æмæ алидзьи Грациано. Кæсут-ма, цуды: амардта йæ усы Э м и л и. Нывæрут мæ синьорæмæ хæстæг. Грациано. Иæ усы амардта, йæхæдæг алыгъд. Монтано. О залйаг калм! Ныртæккæ маврæй æз Цы ’хсаргард байстон, уый дын мæнæ. Фæсдуар Æрлæуу æмæ йæ мацæй тыххæй ауадз, Фæнды йæ марын бахъæуæд. Æз та Тæхын йæ фæдыл цъаммарæн, æлгъысты Фыдгæнæгæн. Монтано æмæ Грациано ацæуынц. Отелло. Куыд басасти мæ тых... Мæ кард мыи байста дзидзидай мæ къухæй! Æгадæй ма цæмæн у ныр цæрын? Мæныл мæ дуне баруади бынтондæр! Эмили. Дæ зарæг, уæдæ, уымæ уыди, ме ’хсин? Кæд ма дæ бон у байхъусын, уæд байхъус: Æз урс доныхъаз фестдзынæн æмæ,
к Дæ зарæг заргæ, ссардзынæн мæ мæлæт. Зон, мавр, сыгъдæг уыд де ’фсин æмæ уарзта Æнувыд уарзтæй дæу, гуымиры мавр. Мæ мæлæтæй дын сомы кæньш, де ’фсин Сыгъдæг кæй уыди, уый тыххæй... Мæлын. (Амæлы.) Отелло. Уыдис ма мын æндæр хæцæнгарз ам: Испайпаг кард, кæддæр æй ихдоны Ныхъхъæбæр кодтон... Мæиæ ис. Мæ хæстæг, Чысыл мæ ауадз акæсын. Грациано (фæсдуарæй). Дæ къах дæр Куы равæрай — зынаргъ дын уыдзæн, зон. Хæцæнгарз дæм кæй нæ ис, уый рох ма кæн, Æмæ æнæ уæлдай иыхасæй быхс. Отелло. Уæд та мæм рахиз мидæмæ ныхасмæ, Кæинæуæд дыл, хæцæнгарз мæм куы нæ уа, Уæддæр мæхи ныццæвдзынæн. Бацæуы Грациано. Гр а ци а н о. Цы кæныс? О т е л л о. Кæс-ма, мæ къухы ис æхсаргард, ныроиг Салдаты фарсыл чи нæма уыд, ахæм. Кæддæр мæнæн мæ ацы къух æмæ Фæринк æхсаргард арæзтой фæидæгтæ, Ды мæм кæй дарыс, уыцы ныхдурæй Сæдæ хатты фылдæр тыхтæ сæтгæйæ. Фæлæ... Цæмæн у хи стауын? Кæй бон у Лæджы хъысмæтæн басæттын йæ тых? Фæци мæ рæстæг. Ма тæрс, кæд дæ разы Æд æхсаргард Отелло ис, уæддæр: Мæ балц фæцис æмæ ис ам йæ кæрон; Ам — иаулæууæн, мæ иау йæ пæлæзтæ Кæм æруадзы... Фæстæмæ ма лæуу ды... Тæрсгæ мæ ма кæн — уæгъды у дæ тæрсын. Отеллойы риу тихалæгæй басхой Æмæ фæстæмæ алæудзæн. Кæдæм ма Фæцæудзæни Отелло? (Дездемонæйы мардмæ кæсгæйæ.) 143
О æнамонд, Куыд аивта дæ хуыз; дæ хæдонау • Куы бафæлурс дæ! О, куы ’рлæууон демæ Мæрдты тæрхонгæнæджы раз, уæд мын Дæ зæдмæ зæды фехсдзæни зындонмæ, Æмæ йæ зинтæ ’рцахсдзысты тæхгæйæ. Мæ удæнцой, дæ сыгъдæгдзинадау Куы ныффæлурс дæ! О æлгъыстаг цъаммар! Тагъд, удхæсджытæ, ахæссут мæ ацы Уæларвон зæды цурæй! Зилгæ сау дымгæйы Мæ уды здухут! Сондоны мæ сфыцут! Ныннайут мæ æнæбын арф дæлдзæхы Цæугæ цъæх арты! О-о, Дездемонæ! Фæдæ! О, Дездемонæ, о-о-о! Бацæуынц Лодовико, Монтано, Кассио — хæссынц æй лæгкуыфы — æмæ афицертæ, се ’хсæн — Яго бастæй. Лодовико. Кæм ис, кæ, уыцы сонт æмæ æнамонд? О т е л л о. Кæддæр Отелло чи уыд, уый? Æз дæн. Лодовико. Цы фæци залйаг? Рацæуæд-ма цъаммар. О т е л л о. Йæ къæхтæм ын дзæбæх кæсын, фæлæ Уый аргъау у; æцæг кæд хæйрæг дæ, Уæд мын, бæлвырд, нæ бакомдзынæ марын. (Рæхойы Ягойы.) Лодовико. Йæ кард ын байсут! Яго. Æз фæцæф дæн, фæлæ Нæ фæдæн мард. О т е л л о. Æхсызгон у мæнæн: Æгайтма ’гас дæ; амæлгæйæ ды Дæ зынтæй фервæзтаис. Лодовико. О, Отелло! Кæддæр хъæбатыр чи уыд, ныр æлгъыстаг Лæгсырд кæй басаста,— цы ма дæ хонои? О т е л л о. Цыфæнды уæд: фæхон-иу мæ цытджын 144
Лæгмарæг, уымæн æмæ ацы митæ Фыдгæнды фæдыл нæ’, фæлæ цыты Сæраппонд кодтон. Людов ико. Ацы ’наккаг нын Йæ сырдон митыл басасти. Æцæг Фæнд кодтай йемæ Кассиойы марын? О т е л л о. Æцæг. К а с с и о. Цæмæн? Дæ зæрдæхудты æз Куы нæ цыдтæн, мæ дзæбæх инæлар. О т е л л о. Уырыы мæн уый, æмæ дæ курын хатыр. Уадз, дзуапп уын ратта ацы лæгсырд — марг Цæмæи радта мæ зæрдæ ’мæ мæ зонд Æрра кæнынæн? Яго. Мауал фæрсут мæн: Цы зонут, гъеуый зонут; æз сыбыртт дæр Нырæй фæстæмæ не скæндзынæн. Лодовико. Ау, Дæ тæригъæдтæ дзургæйæ дæр? Грациано. Арт, Арт базондзæй дæ дзых гом кæнын. О т е л л о. Раст дæ: Ды хорз фæрæз æрхъуыды кодтай. Лодовико. Ныр Дæуæн, синьор, æз радзурон, æххæстæй Цы нæма зоныс, уый. Ис ам фыстæг, Родригойы дзыппы йæ ссардтам; ай та — Æндæр фыстæг. Ам — фыццаджы — фыссы Уый Кассиойы марыны’фыдхабар, Æмæ Родригойæн æрцыди хæсгонд. О т е л л о. О, залйаг калм! 0! К а с с и о. Ахæм цъаммардзинад Лæджыфыдхор сырд бакæндзæн æрмæст. 10 Шекспир
Лодовико. Ам — дыккаджы та — уый дæр, иннæ фыстау, Ыссардтам мард Родригойы дзыппы,— Мæсты кæны; æвæццæгæн æй ацы Æлгъыстаг æмæ тугхор Ягомæ Æрвитинаг уыд, фæлæ йæм уæдмæ Йæхæдæг Яго бацыдис æмæ йæ Иыссабыр кодта... О т е л л о О, лæджыфыдхор! Фæлæ-ма мын зæгъ, Кассио, дæумæ Куыд бахаудта мæ усы къухмæрзæн? К а с с и о. Мæ фатеры йæ ссардтон, æмæ Яго Ныртæккæ басаст, хинвæндæй йæ уый Кæй баппæрста, æмæ йæ хинвæнд сæххæст. О т е л л о. О, ме ’дылы сæр, ме ’дылы сæр! К а с с и о. Ноджы Родриго ’фхæры Ягойы йæ фысты, Æхсæвгæсæй йæ мемæ схæцыныл Кæй сардыдта, æмæ мæн дæр мæ куыстæй Кæй сисын кодта, уый тыххæй; æрдæбон Чысыл йæ цæстæй ракасти Родриго, Æмæ йæхæдæг загъта, Яго йæ Кæй сардыдта мæн амарынмæ* стæй йын Кæй амардта йæхи дæр Яго... Л о д о в и к о. Ныр Цæугæ, Отелло, мах фæдыл. Дæу систой Дæ бынатæй, æмæ дæ бæсты Кипрæн Нывæрдтой хицау Кассиойы. Ацы Лæгæргæвдæг та, адæймаджы зонд Цы ссара карздæр хъизæмарæй,— уымæн Цæрæнбонтæм æрцæудзæни лæвæрд. Ды ахст уыдзынæ, цалынмæ дын мах Дæ фыдракæпд Венецийы сенатмæ Нæ фæхабар кæнæм, уæдмæ. О т е л л о. Фæлæуут! Дыууæ ныхасмæ байхъусут æрмæст. Республикæйæн цъус æххуыс нæ фæдæн — Иæхæдæг зоиы; ууыл нæу иыртæккæ 146
Мæ иыхас ам. Сымахæй курын æз,— Сенатмæ ацы стыр æнамонд митыл Хабар куы фыссат, бавдисут мæ уæд, Цы уыдтæн, уымæй: ма-иу сисут м ’азым, Æмæ йæм мацы бафтаут уæлдай. Ныффыссут-иу, кæй мæм уыдис æнæзонд, Фæлæ хæрз тыхджын, арф уарзондзинад; Кæй мæм нæ хызт гуырысходзинад усыл, Куы бахызт, уæд кæй нал зыдтон кæрон; Кæй аппæрстон хæрз æнæзонд индусау Мæ бæстæйы зынаргъдæр хæзнатæн Сæ хуыздæры; мæ цæстытæ кæд ахуыр Нæ уыдысты цæстысыгтыл, уæддæр, Аравиаг бæлæсты донау, ныр Тæдзынджытæй кæй ызгъæлынц сæ сыгтæ. Æмæ сæм ноджы арвитут мæнæй: Алеппойы4, зæгъ, иу гуымиры туркаг Кæддæр æлгъыста мах сенаты карз Æмæ нæхи венецийаджы надта. Куыддæр, зæгъ, федтон ахæм ныв — йæ хурхæй Æрцахстон уыцы туркаг куыдзы æз Æмæ дзы кард ныссагътон — мæнæ афтæ... (Йæхи ныррæхуыста.) Л о д о в и к о. Æнæнхъæлæджы тугæйдзаг кæрон! 0 т е л л о (Дездемонæйы мардыл хаугæйæ). Дæу амардтон æз пъаимæ; мæрдтæм дæр Дæ пъаимæ дæ хæд фæдыл цæуын. (Амæлы.) К а с с и о. Ыстырзæрдæ уыдис, æмæ йын тарстæн Æз ахæм мийæ, фæлæ афтæ ’нхъæлдтон, Æмæ йæм нал ис кард. Лодовико. Спартайнаг куыдз, Тæссагдæр дæ ды денджызæй, рынæй Æмæ æххормагдзинадæй! Кæс-ма сæм, Цы сау хъуыддæгтæ бакодтай, ды дæ Æппæтæн аххос! Бамбæрзут сæ тагъддæр, Зын у, кæй бон у уыдонмæ кæсын! Ды баззайдзынæ хæдзары, Грациано, 4 Алеппо — чысыл азиаг горæт. 147
Ды дæ йæ бындар маврæн æмæ йыи Иæ ис-йæ бои дæхимæ хъуамæ райсай. (Кассиомæ) Цытджын хицау, ды хъуамæ радтай тагъд Мæлæтмæ ацы зындойнаг лæгсырды. Йæ марынæн ын равзар бон, бынат, Фыдхъизæмарæй амæлæт ын равзар! Æз та нæхимæ мастхæлгæ цæуон Æмæ сенатæн сау хабар зæгъон. Ацæуы.
АРХАЙДЖЫТÆ Герцог, веройнаг къниаз. Граф Парис, лæппулæг, къниазы тугхæстæг. Монтек ) Ка > дыууæ хæрам мыггаджы хистæртæ. Зæронд Капулет. Ромео, Монтекы фырт. Меркуцо, къниазы тугхæстæг, Ромеойы лымæн. Бенволо, Монтекты хæрæфырт, Ромеойы лымæн. Тибалт, леди Капулеты хæрæфырт. ери оренцо [францискайнаг моладзатæ. Бери Джованни { Балтазар, Ромеойы фæсдзæуин. амсон \Капулеты æххуырстытæ. Грегор | Петр, Джулеттæйы дыджызæйы лæггадгæнæг. Абрам, Монтекы æххуырст. Аптекæр. Æртæ музыканты. Парисы фæсдзæуин. Веройнаг. Леди Монтек, Монтекы ус. Леди Капулет, Кащлеты ус. Джулеттæ, Капулеты чызг. Дыджызæ, Джулеттæйы хъомылгæнæг. Вероны горæтæгтæ, устытæ æмæ лæгтæ дыууæ мыггагæй. Архайды бынат — Верон æмæ Мантуй.
ПРОЛОГ Æмкад, æмсæр дыууæ хъæздыг мыггаджы Фыдæй фыртмæ Веронæйы цæрынц. Кæрæдзимæ фæтуджджынтæ сты раджы, Фæлæ нырмæ сæ туг калгæ хæцынц. Сæ цотæй иу къай уарзынц тынг кæрæдзи,— Фæлæ сын радта стыр зынтæ хъысмæт... Кæуинагæй сæ рæзгæ цард куы фæци, Сæ фыдæлты хæрам дæр амард уæд. Куыд цардысты, куыд уарзтой судзгæ уарзтæй, Куыд фесты дыууæ цæрддзуйы зынгхуыст, Куыд ахуыссыди мыггæгтæн сæ маст дæр, Уыдзæни ам уæ разы уый æвдыст. Кæд нæм кæсат бæстон, лæмбынæг кастæй, Уæд фысты хъæнтæ сраст кæндзыстæм хъазтæй.
С^ИЫЦЦАГ акт 1СЦЕНÆ Верон. Базары фæз. Æд кард, æд уарт бацæуынц Капулеты æххуырстытæ Самсон æмæ Гр егор. С а м сон. Ма ферох кæн, Грегор, дæ цæсгомыл цъыф бап- парын ма бауадз. Гр егор. Цытæ дзурыс! Æз мæхæдæг цъыф кæй цæсгомыл баппарон, ахæмты куы агурын. Хуыцау сæ искæй куы рауадзид. Самсон. Сæ бæрзæйтæ сын ахъаззаг сфынк кæниккам. Грегор (фæрсмæ). Нæхæдæг сурæй куы аирвæзиккам... Самсон. Æз къабазæй тынг рæвдз дæн, иугæр куы рафы- цон, уæд. Г р е г о р. Дæу рафыцынæн бирæ суг æндзарын бахъæуид. С а м сон. Монтекты къæбылаты раз æз уайтагъддæр рафы- цын цæджджинагау. 152
Куы рафыцай, уæд акæлдзынæ æхсырау. Уæндаг та быцæу ныллæууы къæдзæхау. С а м сон. Монтекты къæбылаты раз æз хохау дæр ныббы- цæу уыдзынæн, Се ’ппæты дæр ныцъцъистытæ кæн- дзынæн — чызгæй, лæппуйæ, Гр его р. Куыд никуы дæ зыдтон уыцы цъистгæнагæй! С а м с о н. Се ’ппæты дæр цъиуæй, бæдулæй. Лæппуты ас- сæнддзынæн, егæй чызджыты ацъистытæ кæндзынæн къуымты. Гр его р. Омæ быцæу хицæутты æхсæн куы цæуы, мах та стæм æрмæст æххуырстытæ! С а м сон. Мæнæн уæлдай ,нæу: æз хъуамæ равдисон, домбай кæй дæн, уый,— лæгты апискъуылæйттæ кæндзынæн, стæй бавналдзынæн сылтæм дæр. Грегор. Мæгуыр чызджытæм дæр? С а м сон. Цалынмæ лæууынхъом уон, уæдмæ чызджытæм дæр. Табу хуыцауæн, æз æнцонтыл не ’ртæбæкк уы- дзынæн, Гр его р. Дæ амонд у æмæ голлаг нæ фæдæ, исчи дæ зы- гуым ныннадтаид. Тагъд, дæ кард кæм и? Уартæ Мон- тектæ дыууæйæ. С а м сон. Мæнæ, фæцъортт æй ластон. Марадз, загъд сæ ракъах, иунæг нæ уыдзынæ. Гр егор. Куыд, мæ фæстæ бамбæхсынмæ хъавыс, лидзын* мæ? Самсон. Ды мæн тыххæй æппындæр ма тæрс. Грего р. Тæрсын, куы ныббындз ^ай ардыгæй. Самсон. Сæ маст сын рафыцын кæн — загъд ракъах. Хыл кæнын уыдон куы райдайой, уæд закъон мах фарс уыдзæн. 153
Гр ег ор. Нæ цурты куы фæцæйцæуой, уæд сæм бакæсд^ы- нæн дзагъулцæстæй, тарæрфыгæй. Фендзыстæм, цымæ цы ми кæниккой. С а м сон. Æз сын равдисдзынæн фучъи. Уый куы ныббарой, уæд фæхудинаг уыдзысты. Бацæуынц А б р ам æмæ Балтазар. Аб р*а м. Уый ды махæн æвдисыс фучъи, сэр? Самсон. Æз афтæ æнæуи æвдисын фучъи, сэр. Аб р а м. Каед махæн æвдисыс фучъи, сэр? С а м сон. (сусæгæй Грегорæн) «О» куы зæгъон, уæд закъон мах фарс уыдзæн? Г р е г о р. (сусæгæй Самсонæн) Ницыхуызы. С а м с он. Нæ, сэр, æз сымахæн не ’вдисын фучъи, сэр. Æз æй афтæ æнæуи æвдисын, сэр. Г р е го р. Кæд загъд ракъахынмæ хъавыс, сэр? Аб р а м. Æз, сэр? Нæ, сэр. С а м с он. Кæд къахут, уæд къахгæут, табуафси, æз уын мæ- нæ дæн. Мæ хицæуттæ сымах хицæуттæй мæгуырау- дæр не сты. Аб р а м. Хуыздæртæ дæр дын не сты. Самсон. Афтæ, сэр! Г р его р. (сусæгæй Самсонæнр дардмæ Тибалты ауынгæйæ) Зæгъ — хуыздæр сты. Уартæ нæ хицæутты каистæй иу æрбацæуы. хи
^амсон. \ ,,Хуыздæр сты, сэр. Аб р а м. Сайыс! Бацæуы Бенво ло. С а; м с о н. Уæ кæрдтæ сласут, кæд лæгтæ стут, уæд. Грегор, равдис ма сын бæдæйнаджы цæф. Хæцынц. Б е н в о л о. Цæвæрут кæрдтæ! Айсут тагъд уæхи! Цы ми кæнут, уый не ’мбарут, сæрхъæнтæ. (Сæ кæрдтæ сын къуыры сæ къухтæй). Бацæуы Т иб а лт. Тибалт. Куыд, цагъартимæ байдыдтай хæцын? Дæ мæлæт мæнæ, — раздæх-ма, Бенволо! Б е н в о л о. Æз иргъæвгæ кæнын, Цæвæр дæ кард, ^ Кæнæ сæ, цæй, ныссабыр кæнæм иумæ. Т и б а л т. Сабыр та циу? Мæ цæстысындз у уый, Æмæ ды дæр, стæй сегас дæр Монтектæ. Æрлæуу, тæппуд! Хæцынц. Бацæуынц дыууæ мыггаджы фæр сæгтæ дæр æмæ баиу вæййынц хæцджытимæ. Уыдоны фæстæ æд лæдзджытæ бацæуыиц вероинæгтæ. Веройнаг. Гъей, ардæм тагъд мæцъистимæ! Цæвут! Цæвут Монтекты æмæ Капулетты! Бацæуынц Капул’ет æмæ леди Капулет. К а п у л е т. Цы загъд ис ам? Мæ даргъ кард ма мын тагъд! Леди Капулет. Лæдзæг, лæдзæг, æнцойгæнæн лæдзæг, Кæниод фæлдæхы! Кардхъуаг ма мыи баззад! 155
К а п у л е т. Мæ кард, зæгъын! Монтектæй байдзаг фæз Æмæ нæм уартæ хъаматæй æвзидынц. Бацæуынц Монт е к æмæ лед и Монтек. М о н т е к. Ды, Капулет, мæнгард дæ. Усай, суадз мæ! Л е ди Монтек. Нæ, хæцджытæм дæ н ’ауадздзынæн æз. Бацæуы герцог фæсдзæуинтимæ. Г е р ц о г, Чи суры фарп? Æпцойад халæг чи у? Чи калы кардæй йе ’ф^еымæрты туг? Нæ хъусут? Гъей, хъæддаг сырдтæ! Фыдæлтои Хæрамдзинады пиллонуадзæг арт Хуыссын чи кæны тугласæнæй, уыдон! Кæмæ дзурын? Кæй нæ фæнды мæлын — Сæ хотыхтæ сæ кæрддзæмты цæвæрæнт. Æмæ лæмбынæг кънйазы дзырдмæ хъусгæ! Æртыккаг хатт фыдæвзаджы фæдыл Сымах, Монтектæ æмæ Капулеттæ, Ам сабыр халут тугкалæн хæстæй. Æртыккаг хатт æмбырд кæньшц зæрондæй Веройнаг раст уынаффæйы лæгтæ Æмæ æвзарынц, рагæй ардæм уе ’хсæн Æнæрхуысгæ цы хæрам судзы, уый. О, искæд ма сымах куы скæнат хъаугьа,— Мæлæтæй дæр уын нал уыдзæн хатыр! Ныр та цæугæ уæ хæдзæрттæм, фæйнæрдæм! Ды, Капулет, адæ фæдыл цом. Монтек, Ды та фæстæдæр тæрхондонмæ рацу, Æвзæрст цæудзæн уæ абоны хъуыддаг.— Цæрын кæй фæнды — апырх уæнт фæйнæрдæм! Иууылдæр ацæуынц, баззайынц ма Монт е к, л ед и Монтек æмæ Бенволо. М о н т е к. Нæ рагон хъаугъа чи райдыдта ногæй? Мæ хæрæфырт, куыд рауади, зæгъ-ма? Б е н в о л о. Хæрам дыууæ мыггаджы фæсдзæуииты Æрбаййæфтон кæрдтæй хæцгæ. Куыддæр Фæцырд дæн се ’хсæн иргъæвынмæ, афтæ 156
Тызмæгхуызæй Тибалт фæзынд æд кард Æмæ дзы кодта махырдæм æртхъирæн. Сæрбæрзондæй мæимæ хæцынмæ сидт, Фæлæ йын дзуаппæн дымгæ кодта ’хситт. Мах цалыимæ фæйнæ риуыгъды кодтам, Æмбырдтæ кæнын байдыдтой уæдмæ Кæцæйдæр адæм æмæ хъаугъа стынг и. Фæзынди кънйаз æмæ куы федта хыл, Уæд радта дзырд æмæ та фæз ныссабыр. Л]еди Монтек. Кæм и Ромео? Федтай йæ, зæгъ раст? Нæ уыдис ам? Æнæниз у, дзæбæх? ^еиволо. Æхсин, хур абон йе ’скæсæи фæрссагæй Сызгъæрииау куы нæма ссыгъдис, уæд Цыдæр тыхстгондæй тезгъо кодтон уынгты. Нæ горæты ныгуылæйнаг кæрон Цы дидинæг бæлæсты къох ис, уый цур Дæ фырты федтон. Афтæ раджы уым Зылди цæмæндæр. Бауадтæн йæ фæдыл, Фæлæ мæ суыдта æмæ бамбæхст арф. Фæндыдис æй, цæмæй уыдаид иунæг Æмæ йæ дарддæр нал хъыгдардтон æз. М о н т е к. Сæумæцъæхтыл, дам, арæх вæййы уым. Йæ пæссыгтæ сæумæйы ’ртæхыл калы, Йæ оххытæй та мигъ фылдæр кæны. Фæлæ куыддæр зæрин хур Бопвæрнонæн Йæ хуыссæнуатмæ байгом кæны дуар, Мæ хъæбул афтæ баздæхы хъуынтъызæй Нæ хæдзармæ, уым бамбæхсы йæ уаты, Æрæхгæны йæ фæрссæгтæ æнгом Æмæ йæхицæн саразы кæнгæ ’хсæв. Ау, талынг æм цæмæн к&са хуыздæр? Хъуыды фæкæнын —’не ’мбарын уæддæр. Б е н в о л о. Цæмæн у афтæ, уый аххос нæ зоныс? М о н т е к. Нæ зонын æмæ не ’мбарын æппын. Б е н в о л о. йæхи дæр ын нæ фарстай уæд? М о н т е к. Куыннæ ма?! Æз дæр æмæ нæ хорз лымæнтæ дæр. 157
Йæ зæрдæйыл ныхгæдта фидар дуæрттæ Æмæ дзы мисхал базонæн дæр нæй. Раст афтæ ма бæласы къуыбар уалдзæг, Къуыдыр калм æм куы фæцагайы, уæд Æрбампылы, æрбатухы йæхи Æмæ сыфтæртæ нал рауадзы хурмæ. Ды та фæрсыс: цæй аххос уа, цымæ? Æз исты уыцы аххосæн куы ’мбарин, Уæд ын мæхæдæг исты хос ыссарин. Бацæуы Р о м е о. Б е н в о л о. Æрбацæуы. Фæлæуут ам хæстæг. Æмæ йын й ’аххос ракæнæм бæрæг. Монтек. Бæргæ, дæуæн куы радзурид æргом Иæ зæрды низтæ. Усай, иуварс цом. (М о нт е к æмæ ледиМонтек ацæуынц.) Венволо. Дæ райсом хорз, Ромео. Р о м е о. Райсом у? Б е н в о л о. Дæс сахаты. Р о м е о. Æикъард сахат цæй даргъ у! Зæгъ-ма, мæ фыд нæ фæцæйцыди уый? Б е н в о л о. Дæ фыд уыд, о. Фæлæ-ма зæгъ, Ромео, Цы сагъæс дын кæпы дæ рæстæг даргъ?, Р о м е о. Цыбыргæнæг ын кæй нæй, ууыл сагъæс. Б ен в о л о. Ды уарзыиыл хъынцъым кæныс? Р о м е о. Нæ. Б е н в о л о. Уарзыс? Р о м е о. Æз — о, бæргæ, фæлæ мæхи та — нæ, Æмæ мын уый мæ риуы тадзы сагъæс. Б е н в о л о. О, уыцы уарзын у рæсугъд, фæлмæн, Фæлæ зæрдæйæн бахатыр нæ зоны! 158
р п м е о. \ 0, уарзын, кæд куырм у, уæддæр лæгæн Йæ лæмæгъ ран цæстфæныкъуылдмæ ссары! — Кæм хæрæм сихор? ^Цавæр загъд уыд ам? Уæвгæ йæ ма дзур,— з^нын æй мæхæдæг. Хæрам тæссаг у, уарзыи та тæссагдæр! О уарзты маст! О стыр хæрамы уарзт, Хæрз инцыйæ чи равзæры æваст! Цы ’нкъарæн у — æмбисонд æмæ диссаг: Æнцонæй — зын; æнтæфæй — уазал; рог — Уæззауæй; пиллон -- ихæнæй; фынау та — Æгъуыссæгæй; хъуыды дзы нæй, уæддæр Хъуыдыджын у; хæрз афтидæй та йедзаг; Рæсугъд нывты æмтъерыгонд хаос. ( Гъе ахæм уарзтæй уарзыи. Худыс? Худ мыл!.. Б)е н в о л о. ( Цытæ дзурыс? Нæ, худгæ нæ, кæугæ. Р о м е о. Кæугæ? Цæуыл? Б е н в о л о. Дæ цæстыты сыгтыл. Р о м е о. Цæф дæм нæ хъары — уый та дын рæхуыст! Мæнæн мæ маст мæ улæфæнтæ ’хгæны, Æмæ ма мын ыл ноджыдæр цæхх кæны. Мæ сагъæсыл мын ма мæт кæн æгæр, Кавннод кæны мæ зæрдæниз дывæр. Чи уарза, уый бæрзæндты тæхы, мигъы, йæхи цæргæсау базыртыл фæуигъы; Хæрзамонд уа — йæ цæстытæ уæд— рухс, Кæннод нæ кæнынц цæстысыгтæй хус. У уарзын мастæй æмæ цинæй бонджын, Æрра у уарзын, фæлæ уый у зондджын. Æниу, хорз байрйай, ме ’фсымæры хай. Б е н в о л о. Ромео, багъæц, ма ф&лидз тæргай. Æз дæр цæуын, мæ зæрдæхъыджы ма цу. Р о м е о. Тсс... Ам нæ дæн! Зæгъ-ма, кæм и Ромео? Æз нал арын мæхи дæр. Нæй Ромео. Б е н в о л о. Нæ, нæ, зæгъ-ма æнæхъазгæ, кæй уарзыс? 7 Р о м е о. Ау, æмæ ныронг хъазгæ кодтам мах?( 159
Б е н в о л о. А-гъай дæр нæ, ф’æлæ æцæ/æй чи у? Р о м е о. / ’ Рынчынæн зæгъ: фыссьШ хъæуы фæдзæхст, Æмæ æцæгæй ацъынд уа йæ цæст. Æцæгæй уый сылгоймаг у, мæ хæлар. Б е н в о л о. Нæ загътон, нæ, мæ нæмыг сæмбæлд й ’астæу. Р о м е о. Рæстдзæвин дæ, стæй ныеан дæр у хорз. Б е н в о л о. Мах хорз нысан нæ иу фæхъавдæн къахæм. Р о м е о. Нæ, а нысан ды макæд фенхъæл ахæм. Уый у сыгъдæг Дианæ. Купидон Æдых у уый раз, ницы у йæ бон. Йæ зæрдæйæн нæй басæттæн ныхасæй, Æхца, сызгъæрин ницы сты йæ разы. Рæсугъддзинадæй у хъæздыг, æххæст. Æмæ мæгуыр та уымæй у æрмæст, Нæ дунейыл кæй никæмæ фæкæсдзæн,— Йæ хъæздыгдзинад ингæнмæ кæй хæсдзæн. Б е н в о л о. «Чындзы нæ цæуын» — ма зæгъæд, миййаг? Р о м е о. Гъе, уый у, уый, мæ хорз хæлар, хъыгаг: Рæсугъддзинад æмпылаг у сыгъдæгæй, Йæ фæдыл ницы баззайы зæнæгæй. Уый иу зæидджын, уый иу саурæсугъд у, Æмæ дзы рухс ныфс не ’вæрын мæ цардæн. Уыдзæни уый цæрæнбонты рæстуд, Æз та фæдæн, æз нал цæрын, æз мард дæн. Б е н в о л о. Æрбайхъус-ма мæм, ферох æй кæн, цæй/ Р о м е о. Куыд рохгæнгæ у, ацамон мын уый дæр! Бенволо. Фæйнæрдæм кæс парахатдæр, зæххыл — Рæсугъдтæ бирæ. Р о м е о. Уымæй сбæрæг уаид, Кæй у мæ уарзон се ’ппæтæй хуыздæр. Сылгоймаг сау кæнгæцæсгом куы скæиы, Уæд æй рæсугъддæр фенхъæлæм. Куырм лæг 160
Хуыздæр хæзн-айау й ’амæлæтмæ мысы, Иæ сæфт цæстырухс цас хорз уыди, уый. Цыфæнды саурæсугъд мын равдис,— уымæн Йæ цæсгомыл æз фендзынæн, кæй у Мæхи уарзон хуыздæр æмæ рæсугъддæр. Хæрзбон. Мæ бон йæ ферох кæныи нæу. Белволо. Цом, рох кæныныл сахуыр кæнон дæу. Ацæуынц. 2СЦЕНÆ Уынг. Бацæуынц Капулет, Пар ис æмæ æххуыр К а п у л е т. Монтекы дæр, мæн дæр фæивар кодтой. Уæд, ау, зын уыд æнæхъаугъа цæрын? П а р и с. Уый диссаг у, цытджын дыууæ зæронды, Æмæ цæуылдæр тох кæнут æдзух. Æниу мын ды мæ дзырдæн дзуапп нæ радтай. К а п у л е т. Цы загътон æз, зæгъдзынæн та уый ног. Мæ чызг нырма сывæллон у, æххæст ыл Нæма кæны цьшпæрдæс азы дæр. Дыууæ азы ма банхъæлмæ кæс ноджы, Æмæ йæ уæд фæчындз кæндзыстæм мах. П а р и с. Æз мадæлтæ зыдтон æвзонгдæр уымæй. €( а п у л е т. Зæронд дæр уайтагъд уымæн кæнынц, уымæн. Мæ бирæ цот мын аныхъуырдта ингæн, Хуыцау ма мын æрмæст ныууагъта чызг. Зынаргъ Парис, йæхиимæ йын бадзур,— . Уæ баиуæн гъеуый хъæуы æрмæст. Æппæты раздæр ын йæхи фæид базон, Æз та уын арфæ рагацау кæнын. Изæры нæм фынгæвæрд и, æрвылаз Кæй кæнæм, ахæм. Бирæ нæм уыдзæн Хъæздыг, хæрзконд æмæ æгъдауджын адæм. Куы ’рбацæуай — æхсызгон мын уыдзæн. 11 Шекспир
Ды фендзыиæ, раст уалдзыгон лæсæнтау, Ам, д ’алфамблай, куыд кæндзысты гуылф-гуылф Нæ рæсугъдтæ; тæмæнкалæг чындздзонтæн Мæйдар æхсæвы стъалыты хуызæн Сæ дæстытæй куыд хаудзæни цæхæртæ. Дæхæдæг у тæрхонгæнæг, хуыздæр Дæ зæрдæмæ дзы чи фæцæуа, уымæн. Хуыздæр æнхъæл нæ уыдзæни йæхи, Фæлæ мæ чызг дæр хъазты уыдзæн азæр. Цæй, цом ныр, граф. (Æххуырстæн, гæххæтт æм дæтгæйæ.) Ды та, мæнгард фæлитой, Нæ хыгъдмæ гæсгæ хуынд адæмыл зилгæ! Зæгъ уазджытæн, кæмæн у фыст йæ ном,— Зæгъгæ, мæ дуæрттæ — сегасæн дæр гом. Капу л ет æмæ Пар ис ацæуынц. Æххуырст. «Хыгъдмæ гæсгæ зилгæ, хыгъдмæ гæсгæ зилгæ!» Æмæ ды’н чи ’мбары дæ хыгъд? Чи зоны, ам афтæ фыст и, цырыхъгæнæгæн адли ратт, дарæсхуыйæгæн та — къалодкæ? «Азил хыгъдмæ гæсгæ». Æмæ кæд ам фыст и, кæсаг кистæй ахсгæ у, цар та хызæй ахоргæ, уæд та? «Зæгъ уазджытæн, сæ нæмттæ ам фыст кæ- мæн сты, уыдонæн». Æмæ ды та мæнæн зæгъ, кæй нæмттæ дзы ис? Уый тыххæй ис, кæсын чи зоны^ ахæмтæ. Уæвгæ, уæртæ сæ иутæ, кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Бацæуынц Бе нволо æмæ Ро ме о. Б е нв о л о. Нæ, раст иæу уый. Ды хъулмæ тохси рауил. Фыдмæ кæн фыд, низ иннæ низæй тæр. Куы зила сæр, уæд ды фæстæмæ разил, Бæллæхимæ бæллæхæй хæц ды дæр. Дæ цæсгом иог зæрдæлæууæнмæ батæр Æмæ дæ фыццаг айрох уыдзæн тагъддæр. Р о м е о. О, стæй, дам, ноджы дугъысыф дæр хорз у. Б е н в о л о. Цæмæн у хорз? Р о м е о. Зæнджысастæн бæззы. 162
Б е н в о л о. Ромео, раст дæ зонд дыма фæцыди. Ро м е о. Æрра мæнæй æнамонддæр кæд уыди? Фæлмæст, æххормаг; талынджы дæн ахст, Уырднад, æфхæрд...— хорз лæг, дæ фæндаг раст! Æ к х у ы р с т. ) Салам, дын, сэр. Фæрсын нæ зоныс, цы? Ромео. I Иттæг! Уæлдайдæр та хъысмæт фæрсын. Æ )х х у ы р с т. Бузныг де ’ргом ныхасæй, сэр. Мах фыстытæ фæр- сыны дæсны хъæуы. Р о м е о. Фæлæуу! Æз хъазгæ кодтон. Æри, бакæсон дын æй. (Кæсы.) «Хуынд æрцæуæнт Мартино йæ ус æмæ йæ чыз- джытимæ; граф Ансельмо йæ рæсугъд хоимæ; идæдз æхсин Витрувио; æхсин Плаченцо йæ дзæбæх хæрæ- фырттимæ; Меркуцо йе ’фсымæр Валентинимæ; зæ- ронд Капулет йæ ус æмæ йæ чызджытимæ; мæ рæ- сугъд хæрæфырт Розалинæ; Ливиа; æхсин Валенцо йе ’фсымæр Тибалтимæ; Лючио æмæ йæ хъæлдзæг Еле- нæ». Иттæг хорз уазджытæ. Æмæ хуынд та кæдæм сты? Æ х х у ы р с т. Уартæ уырдæм. Р о м е о. Æмæ уый кæй хæдзар у? Æ х х у ы р с т. Мæ хицауы. Р о м е о. Æххæст ма мын дæ хицау чи у, уый дæр куы зæ- гъис. Æ х х у ы р с т. Æмæ уый та цы зæгъыи хъæуы: мæ хицау у бон- джын Капулет, чи зоны йæ фехъуыстай. Кæд Мон- тектæй нæ дæ, дæ хорзæхæй, саккаг нæм кæн иу нуа- зæнмæ. (Ацæуы.) Б е н в о л о. Уыдзæни Капулетты хуынды азæр
Веройнаг бирæ саурæсугьдты ’хсæн Дæ уарзон Розалинæ дæр. Цом уырдæм, Ды се ’хсæнмæ куы бахауай æмæ Куы абарай уым рæсугъдтыл дæ мæлхъы, Уæд дæм фæкæсдзæн сау халонау раст. Р о м е о. О, уый æвзæр, æнæдины фыдгæнд у. Нæ, ахæм сау фæлывд мийы бæсты Мæ цæстытæ цъæх-цъæхид пиллон калæнт, Сæхимидæг куыд басудзой бынтон. Ау, саугуырмæй мæ сфæлдыстой хуыцæуттæ, Æви нæу арвыл хур фенын мæ бои? Б е н в о л о. У, фæлæ уыцы хурæн ды йæ хæрзтæ Æндæримæ нæма барстай тæрæзтыл. Фæйнæрдæм акæс рæсугъдтæм хуыздæр, Æмæ уыдзæн дæ зарæг уæд æндæр. Цыкурайы фæрдыг кæй хоныс хъавгæ, Уый разындзæн хуымæтæджы цъæх авгæй. Р о м е о. Цæй, цом, фæлæ нæ кæсдзынæн æидæртæм,— Мæхи рæсугъдыл цин кæндзæн мæ зæрдæ. Ацæуынц. 3 С Ц Е Н Æ Уат Капулеты хæдзары. Бацæуынц л ед и Капу л е т æмæ дыдж ыз æ. Леди Капулет. Дыджызæ, тагъддæр, цæй, кæм и Джулеттæ? Д ы д ж ы з æ. Мæ чызгон сыгъдæг бонтыстæн, дзырдтон æм. Кæм дæ, Джулеттæ? Рауай-ма, мæ карк. Æрцу-ма мæм, мæ урс уæрыкк Джулеттæ! Бацæуы Джулеттæ. Джулеттæ. Цы та уæ бахъуыд? Д ы д ж ы з æ. Дзуры дæм дæ мад. Д ж у л е т т æ. Æз мæцæ дæн. Мæ дзæбæх мад, цы кæныс? 164
Леди Капулет. Ныртæккæ... Дыджызæ, ауай-ма иу мипут, мах аныхас кæнæм. Уæвгæ, багъæц, лæуу ам, куы байхъу- сай — хуыздæр у. Мæ чызджы ды сывæллоиæй ныр- > мæ зоныс. Д(ы д ж ы з æ. | Мæ къонайыл, æз ыи йæ азтæ иу сахаты хуызæн куы аиымайдзынæн, Леди Капулет. Цыппæрдæс азы йыл нæма сæххæст и. Дыджызæ, Мæ цыппæрдæс дæндаджы дын цъыидыйыл æвæ- рын, æцæг, хъыгаг у, цыппар йедтæмæ кæй нал стыг уый, фæлæ йыл цыппæрдæс нæма сæххæст и. Петры бонмæ ма цас и? . Леди Капудет. Дыууæ къуырийæ уæлдай. Д ы д ж ы з æ. Уæлдай ма дзы ис æви нал, ныхас ууыл нæу, фæ- лæ цыппæрдæс азы сэеххæст уыдзысты Петры бон, æцæг дын зæгъын. Ай æмæ мæ чызг Сусаннæ, рухс дзæнæты бада, фаззæттæ уыдысты. Фæлæ Сусаннæ мæнæн æгæр уыди, æмæ мын æй хуыцау айста. Фæлæ цыппæрдæс азы сæххæст уыдзысты Петры бон, ууыл ды гуырысхо ма кæн, æз æй хорз хъуыды кæнын. Зæхх куы ныррызти, ууыл бæрцнымадæй рацыдис иу- æндæс азы. Æмæ раст зæхх куы нынкъуысти, уæд æй баиртæстон дзидзийæ. Скъæлдзойæ байсæрстон мæ дзи- дзитæ æмæ бæлондоны раз хъарм хурмæ сбадтæн. Ды уæд дæ лæджимæ Мантуйы уыдтæ,— раст цыма знон уыди, афтæ йæ хъуыды кæнын. Куыддæр скъæлдзойæ ахуырст дзидзи йæ дзыхы акодта, афтæ бынты-быны цъæх баци. Стæй тымбыл къухæй лæбурыи байдыдта дзцдзимæ, нытътъæпп-иу æй кодта, æмæ йæм касти тызмæгæй. Уалынмæ Зæхх ныррызти æмæ ныл бæлон- дон хъыс-хъысгæнгæ ма рацæйфæлдæха! Фæлæбурд- тон дын ацы сывæллонмæ æмæ — цæй хурмæ бадын ма мæ æндæвтаид! Уæдæй нырмæ рацыди раст иуæн- дæс азы. Уыцы аз мæ карк йæ къахыл лæууын бай- дыдта, æниу лæууьш та цы хонын — йæ гæккытыл уади, радугъ-бадугъ кодта, æцæг зæгъын, мæ дин, мæ хуыцауыстæн. Фæлæ иуыл диссаг та цы уыди: размæ ахауди æмæ аскъуыдта йæ ных. Гъе, æмæ дын, мæ сæрыхицау, дзæнæты бадинаг, хуыцауы къахæргæв- 165
дæг кæм нæ уыди! Систа сывæллоны йæ къухта^к æмæ йын афтæ зæгъы: «Дæлгоммæ хауы’н нæ хъæУы, мæ чысыл Юли». Куы сыстыр уай, уæд, дам-иу ф^л- вар уæлгоммæ хауын. Фæлвардзынæ, дам? Æмæ куыд æнхъæлут? Мæ бæдул йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ афтæ зæгъы: «О». Ахæм ма дзы худæджы хаЛ уа! Мин азы куы фæцæрин, уæддæр мæ никуы ферох уаид. Уæлгоммæ, дам-иу æрхаудзынæ, мæ чысыл Юли? Æ,мæ-иу ын уый дæр: «О». Леди Капулет. Ныхъхъус-ма у. Æгъгъæд дзæнгæда цæгъд. Д ы д ж ы з æ. Хъусын дæм, æхсин. Фæлæ ма цы уа ахæм худæ- джы хал? Иу уысм фæхъус и, стæй хъуыды дæр иал акодта æмæ афтæ зæгъы, «ю», афтæмæй йæ сæрыл та раст бæлоны айчыйас къобола фæзынди æмæ су- дзæггаг цæссыгтæ згъæлдта. «Дæлгоммæ хауын, дам, нæ бæззы. Куы, дам, сыстыр уай, уæд-иу уæлгоммæ хаудзынæ? Хаудзынæ, дам?» Æмæ йын мæ бæдул афтæ зæгъы: «0»> стæй æваст иыхъхъус и. Джулеттæ. Ныхъхъус-ма у, мæ дыджызæ, ды дæр. Д ы д ж ы з æ. Хъусын, сыбыртт дæр нал скæндзынæн. Кæй схас- тон, уыдонæй мын дæуæй хуыздæр ничи уыди. Дæ чындзæхсæвмæ ма куы фæцæрин, хуыцау куы раттид ахæм амонд! Леди Кап’улет. йæ чындзæхсæвмæ? Ууыл дзурæм мах дæр Иыртæккæ ам. Зæгъ-ма, мæ чызг Джулеттæ, Цы цæстæй кæсыс мой кæнынмæ ды? Джулеттæ. Нæ кодтон ахæм кадыл æз хъуыды дæр. Д ы д ж ы з æ. Ахæм кадыл! Цы ма уа алæмæтдæр! Хъыгаг у, мæхæдæг де ’схæосæг кæй уыдтæн, науæд æнæзæгъгæ нæ фæуыдаин: ай зонд дзидзийæ бададта, зæгъгæ. Леди Капулет. Уæдæ-иу ахъуыды кæн, чызг. Вероны Дæуæй кæстæртæ ацæуынц чындзы, Æз та ныййардтон дæу кæстæрæй иоджы. Цыбырдзырдæй нæм иу хорз хабар ис: Æрбарвыста нæм минæвар Парис. 166
Д ы д ж ы з æ. О, уый, мæ къона, ’гас лæгты хуыздæр у,! Æгас зæххыл куы фæзилай, уæддæр Нæй уымæй ссарæн лæгты ’хсæн хуыздæр. Лæг нæу — ныв у. Л е д и К а п у л е т. Вероны ахæм дидинæг нæма уыд. Д ы д ж ы з æ. Раст дидинæг у, Дидинæг у раст. Леди Капулет. Цы зæгъдзынæ? Дæ зæрдæмæ цæуы? Изæры йæм æркæс лæмбынæг хъазты. Йæ цæсгоммæ йын чиныджы каст кæн, Цымæ куыд зоны узæлын, рæвдауын. Дæ цæст ын хъавгæ й ’алы зылдмæ дар, Кæрæдзиуыл ын й ’алы сныхас бар. Кæд ма дзы исты уый фæстæ нæ зонай, Уæд цæстыты ис бакæсæн æнцонæй: Цы уд ын и, цы лæджыхъæд, цы ’хсар,— Цæстытæ сты лæджы зæрдæйы дуар. Кæсаг куыд уарзы донæн цæуын й ’арфмæ, Йæ зæрдæмæ йын бацу ды дæр афтæ. Сызгъæрин чиныджы рæсугъд хъуыды Сызгъæрин цъары хъуамæ ссарай ды. Уæдæ, мæ чызг, куы скæнай мой ды тагъддæр — Нæ фæуыдзынæ ’взæрдæр кæиæ къаддæр. Д ы д ж ы з æ. Нæ фæуыдзьшæ къаддæр! Стырдæр, нæ мады хай„ стырдæ^! Лæгтæй устытæ стæвдтæ кæнынц. Леди Капулет. Цæй, куыд, Парисмæ ’ркæсын дæ фæнддзæни? Джулеттæ. Нырма нæ зонын. Бавзарын хъæудзæни. Фæлæ, мæ мад, сымах тыххæй æрмæст, Цæмæй уæ фæндон бакæнон æххæст. Бацæуы æ х х у ыр с т. Æ х х у ы р с т. Æхсин; уазджытæ æрæмбырд сты, хæринаг æрæ~ вæрдтам, агурынц æмæ дæ никуы арынц, се ’ппæт дæр фæрсынц, кæм и кæстæр æхсин, къæбицы алы- выд калынц дыджызæйæн, кæм, дам, и? Цон, базгъо- рон уазджытæм. Уæ хорзæхæй, рацæут, мауал фæс- тиат кæнут. 167 \
Леди Капулет. Цæуæм. Æххуырст ацæуы. Фæтындз, Джулеттæ, уым и граф дæр. Д ы д ж ы з æ. Рæсугъд бонтыл рæсугъд æхсæвтæ бафтæд. Ацæуынц. 4 СЦЕНÆ Уынг. Бацæуынц Р омео, Меркуцо æмæ Б енволо цалдæр кæнгæцæсгомдоюынимæ, цырагъдартæ æмæ лæппу барабанимæ. Р о м е о. Цæй, арфæ стихтæй бакæсæм æви Æнæраздзырдæй бамидæг уæм залы? Б е н в о л о. Нæ, мах рæстæджы даргъ дзурын нæу кад. Нæ нæ хъæуы тæтæйраг æрдындарæг, Цæстытæбастæй зилæг Купидон, Хъæрццыгъаты тæрсынгæнæн быдыргъау, Кæмæй фæкæнынц чызджыты тæрсын. Нæ нæ хъæуы цæттæ ныхæстæ дзурæг: Нæ бакæндзыстæм иуы дæр тыхсын Суфлеры ’ххуысæй аразгæ экспромттæй. Сæ уадындзмæ сын не ’скафдзыстæм мах. Иæхи цагъдмæ фæйнæ кафты ’мæ — гъæй-да! Р о м е о. Æри уæд цырагъ. Æз æнкъард дæн тынг. Нæ кафдзынæн. Цырагъдарæг лæудзыиæн. Мер ку цо. Ромео, нæ, ды хъуамæ кафай уым. Р о м е о. Ныууадзут мæ. Сымахыл — рог басмахътæ. Мæныл та сагъæс зæххырдæм хæцы, Æмæ мæ бархи фезмæлын нæ уадзы. М е р ку цо. О уарзæгой, дыууæ базыры райс Дæ рухс бардуагæй — уарзыны хуыцауæй — Æмæ бæрзæндты кæн дзæбæх пæр-пæр! 168
Мæн уарзты бардуаг фатæй зæхмæ ’рхуыдта. Иæ базыртæ мæ нал исынц хæрдмæ, Æмæ мæ бон нæу масты сæрты хизын. М е р ку цо. Куы фæлдæхай, уæд мæгуыр чызгыл ма ’рхау,— Æгæр сæртæг у — асæтдзæн æваст. Р о м е о. Уарзт у сæртæг? Дæрзæг ныхас, гуымиры, Ныхсы ’мæ судзы какон сындзау раст. Мер ку цо. Ды дæр æй судз æмæ фæуай уæлахиз.— Цæй-ма, дæттут мын мукъуты хуымпъыр? (Йæхиуыл кæны кæнгæцæсгом.) Кæнгæцæсгом æрбакодта йæхиуыл Кæнгæцæсгом. Цæй, гъеныр-иу мæ хъалтæ Куыдфæнды фауæнт, калæнт мыл сæ пырх — Кæнæд мæ бæсты ацы мукъу сырх. Б е н в о л о. Цæй, бахой ’мæ куы баирвæзæм залмæ, Уæд кафыныл фæбæндæн уæм æваст. Р о м е о. Æри мæм рухс! Уадз æдылытæ кафой, Сæ къæхты бын æууæрдой хъæз. Æз та, Фыдæлты загъдау, слæудеынæн цырагъдар, Кæсдзынæн уæм фæрсæрдыгæй æз дæр, Кæд нæу уæ хъаст мæ касты йаргъ, уæддæр. Мер ку цо. Фæрсæрдыгæй, о, стæй йæ иуварс алас! Гъæ, хинæйдзаг! Дæ уарзондзинад ныл Æфтауы арт — йæ фæздæгæй нæ мары. Цæй, хойгæ дуар! Кæмæ ма кæсæм мах? Æмбисбон ам цæмæн судзæм цырагъ? Р о м е о. Нæ, ма тындзæм! Ме р ку цо. Цы ма кæнæм ныхæстæ? Цырагъау ам цæмæн судзæм нæ рæстæг? Чысыл нæм байхъус, зондджындæр зæронд. Мах фондз сæры стæм, фондз сæры та — зонд. Р о м е о. Цы бæрæг и? А маскарадмæ кæд Цæугæ нæу махæн?
М ер ку цо. Ау, цæуылнæ уæд? Р о м е о. Æз федтон фын. Мер ку цо. Æз дæр. Р о м е о. Цы федтай ды? М е р к у ц о. Кæй у фынтыл æууæндæг лæг гæды. Ро м е о. Уæдæ мæнæн мæ фын æрцæуы арæх. М е р к у ц о. Миййаг. сыл-паддзах Мабы ныхас ма зæгъ. Маб — уый феяты æвгъæдгæс у. Горæты сæрдары къухдарæны агат-дурыйас йедтæмæ нæу. Æхсæв фы- нæй куы вæййæм, уæд лыстæг дзынгатæ сифтындзы æмæ цæхгæрмæ нæ фындзтыл фæрацу-бацу кæны. Йæ къареты цæлхыты дæндæгтæ сты хæлуарæджы агъды стджытæй, йæ цар — мæтыхы базыртæй, йæ гузибо- стæ хæлуарæджы тынтæй, йæ хамуттæ та — сæууон æртæхæй. йæ ехсы хъæд — цъыс-цъысаджы зæнджы- стæгæй, йæ ехсæвзаг — лыстæг æрдуйæ. йæ бæхтæ- рæг — къогъо, зивæггæнаг усы ныхбынты чи сæвзæ- ры, ахæм цъиуыйас. Йæ уæрдон сыгъдæг æхсæрæй, феяты рагон къаретаразджытæ хъæндил æмæ æхсæ- рæджы арæзтæй. Маб æхсæвыгон бацæуы уарзæтты сæрымæгъзты æмæ фыны фæуынынц батæ, хъæбы- стæ; смидæг вæййы дæлбары уæвæг хицæутты сæры- мæгъзты æмæ фыны фæуынынц сæрæйкувын; суды- лæджы рихитыл — æмæ фены гæртамы æхца; бадæг чызджыты былтыл — æмæ фæуынынц мондаг митæ; уыцы былтыл фея разайын кæны дæлгоммæ сынчъы- тæ, адджипæгтæм æгæр æмхиц кæй сты, уый тыххæй, Хъазтуарзæгæн йæ фындзырагъыл абады, æмæ уый банкъары хъазты æхсызгондзинад. Хъистæй ахъыдзы кæны сауджыны фындзыхуынкъ, æмæ уый фены йæ фыны, уæлдæр бынатмæ йæ куыд фæивынц. Тæхгæ- тæхын- смидæг вæййы æфсæддон лæджы æфцæгготы, æмæ уый дæр фены йæ фыны карз хæсты тæмæнтæ, испайнаг кæрдтæ, стыр кæхцытæ сæнæй дзагæй æмæ барабантæ. Фестъæлфы ’фсæддон, фæгæпп ласы, йæхи- уыл дзуæрттæ афтауы æмæ та афынæй вæййы иогæй. Уыдон сты сыл-паддзах Мабы митæ. Уый бæхдæтты 170
сбийы бæхты барцытæ, сæрдлхъуынтыл бафтауы хæ- рæгхæлмаг, æмæ нал фæкомынц фасын. Цъæхахст фæкæнынц чызджытæ йæ быны, сæхи фæкæнынц ма- дæлтæм цæттæ. Гъеуый дын Маб. Р о м е о. Ныууадзтма, цæй, Меркуцо, Дæ дзæнгæда! Мерку цо. Фынтыл кæнæм иыхас, Æмæ фын та æгуыст хъуыдыйы цот у, Фынæй лæджы фантазийы хъæбул. Фын йе ’ууæлтæй уæлдæфау у, æнæуæз, Нæ лæууы иуран, дымгæйау, тæхы — Куы хуосарæй цæгатмæ, куы фæстæмæ, Куы цин кæны, куы та кæны кæугæ. Б е н в о л о. Тæрсын, тæрсын, уæ уыцы дымгæ нын Куы нæ ныккæнид не ’хсæвæр хæр зуазал. Р о м е о. Цы тагъд кæнут,— æгæрраджы ма у. Нæ хатын разæй хорздзинад. Æмбæхстæй Цыдæр бæллæх мæ фæндагыл лæууы, Цыма нæм сыстдзæн аизæры хъазтæй Æмæ, цыма, æнафоны мæнæн Мæ царды хал æрбацыбыр кæндзæни. Фæлæ мын размæ чи скъæры мæ нау, Уый араст и. Цом мидæмæ, лæппутæ. Б е н в о л о. Цæв, барабан! Бацæуынц. 5 СЦЕНÆ Зал Капулеты хæдзары. Музыканттæ. Æххуырстытæ æд салфеткæтæ. 1-аг æх хуы р ст. Кæм и Антон Кзефхъуындар? Цæуылнæ фæкæсы ’фснайынмæ? Фæлхæрттыл цы бафтыди? Сдæры æмæ сдæры тæбæгътæ йе ’взагæй. 2-аг æхху ы р ст. Хбрз нæу, куыст иуы кæнæ дыууæйы къухты куы 171
з^еййы, стæй ноджы уыцы къухтæ æнæхсад куы вæй: йынц, уæд. 1-аг æххуырст. Тæбæгътæ айсут иуварс, бандæттæ банцой кæнут къулмæ. Уæ цæст дарут æвзист дзаумæттæм. Ды та мын, мæ лымэен, адджын гуылæй иу кæрдих бавæр хайæн, стæй мæ кæд уарзыс, уæд бынæй æрбацæуæны зæгъ, æмæ æрбауадзой Агхафæн Надя æмæ Неллийы. Антон Кæфхъуындар! 3-аг æ х х у ы р с т. Мæнæ, мæнæ. Цавæр аралло у уый? 1-аг æх хуы р ст. Стыр уатæй дæм сидынц, хъæр кæнынц, домынц дæ: фæзын, дам, фезмæл, тагъд, ныртæккæ...*Цы дæ кæнынц, нæ зонын. 3-аг æ х х у ы р с т. Алы хъæрмæ дугъы куыннæ фæуайдзынæн. Рæвдз- дæр, рæвдздæр, лæппутæ. Лæг хуыздæр куы цæры, уæд фылдæр фæхæры. Бацæуынц Капу ле т, л е д и Ка пу лет, Джулеттæ æмæ Т иб а л т. К а п у л е т. Салам, синьортæ! Сылгоймæгтæй ам Тæппалкъах чи нæу —г боныцъæхтæм кафгæ! Цы ма зæгъдзысты саурæсугъдтæ ныр? «Нæ» чи зæгъа — тæппæлттæ ис йæ къæхтыл. Уæ иуæн дæр æнæ ракафгæ нæй! Салам, синьортæ! Ме ’рыгоны бонты Æз дæр цыдæртæ сусæгæй дзырдтон Цæхæртæкалæг сылгоймæгты хъусы, Фæлæ ныр ацыд уьщы рæстæг дард. Бацæуынц Ромео, Меркуцо, Бенволо æмæ иннæтæ. Салам, хæлæрттæ! Музыканттæ, хъазгæ! Фæйнæрдæмдæр! Сылæй, нæлæй — æмкафт! Музыкæ. Уазджытæ кафынц. Фылдæр нын рухс! Уæ бандæттæ фæстæдæр! Фæкъаддæр кæнут арт. Æнтæф у тынг. (Зæронд Капулетæн) Кæсын сæм æмæ ме уæнгтæ нæ лæууынц,— Фæнды сæ кафын. Нæ, нæ, бад, бад, бад,— 172
Цæй афон ма у кафынæн ныр махæн? Зæгъ-ма, мæ фыдыфсымæр Капулет, Кæд кафыдыстæй маскæты фæстаг хатт? Зæронд Капулет. Цæудзæр ыл азтæ иу-дæс æмæ ссæдз. К а п у л е т. О, нæ, уый бирæ, бирæ у, нымай-ма: Люченцо ус кæд ракуырдта? Фылдæр Нæ цæудзæни дыууын фондз азæй ууыл, йæ чындзæхсæвы кафыдыстæм мах. Зæронд Капулет., Сæ фыртыл ныр æртын азы куы цæуы. Капулет. Цьлгæ мын дзурыс, саби ма куы у. Р о м е о (йе ’ххуырстæн). Цымæ кæй чызг уа, йе ’мкафæг лæппуйы Йæ хæрзкондæй рæсугъд чи кæны, уый? Æ х х у ы р с т. * Нæ зонын, хицау. Р о м е о. Цырæгътæ йæ рухсмæ Мынæг кæнынц, цыма раст мавры хъуссæг Цæхæртæ калы; цыма урс бæлон Сынтыты ’хсæн — мæ хуры рухс, мæ бон! Æгæр ирд дæ, æгæр калыс цæхæртæ, Нæ ныры чъизи дунейæн æгæр дæ. Куы фæуа кафт, æз бацæудзынæн уæд, Цæмæй йæ фенон, цавæр у мæ зæд. Ау, раздæр уарзтон, уарзæттыл хъæрзыдтон? Æцæг рæсугъд æз абонмæ нæ зыдтон. Ти б а л т. Кæй хъæлæс хъусын! Не ’хсæн ам Монтек и? Æххуырст, мæ кард! Куыд æрбауæндыд цъаммар Кæнгæцæсгомы бинонты куывдмæ, Цæмæй æрхауа худинаг нæ номмæ!? О, нæ, хæрын мæ хорз фыдæлтæй ард, Мæ къухæй ам кæй æрцæудзæни мард! К а п у л е т. Мæ хорз кайыс, цы хъæр кæныс? Т и б а л т. Монтек Цæмæн ис ам, куыд æрбауæндыд ардæм? Цы ’рбахъуызыд, цы йын ферох ис а^м? Цæмæн нæ кæны худинаг йæ хуызæй? 173
К а п у л е т. Кæмæй зæгъыс? Т и б а л т. Ромеойы цъыфхорæй. Капулет. Ныссабыр у. Цы йæм ныууырдыг дæ? Иæхиуыл хорз хæцы, æмæ Вероны Иæ уæзданы кой алчидæр кæны, Æгъдауджындæр лæппу нæ зонын уымæй. Æгас дунейы хæзнатьгл дæр уый Мæ хæдзары нæ бауадзин æфхæрын.. Мæ бардзырд дын: дзæбæхæй йæ ныууадз. Кæд мæ дæхицæн истæуыл нымайыс, Уæд хъæлдзæг у, уæд мауал у хъуынтъыз. Хуынды заман дымстæй лæууын нæ бæззы. Т и б а л т. - Бæззы, бæззы,— æцæгæлон нæм ис. Нæ барын æз... К а п у л е т. Ныббардзынæ мæ дзырдæй! Нæ хъусут, нæ? «Нæ ныббардзæи!» Тæвд сæр! Нæ ныббардзæн! Йæ бар æй уадз, уæд мын Мæ уазæгуаты ссудзын кæнид хъаугъа. Уый хистæр у! Ам хицау у! Сæйраг! Т и б а л т. Куы ныббарæм, уæд худинаг у! К а п у л е т. Банцай! Сыбыртт дæр нал! — Гъе, афтæ, афтæ.— Нæ, Нæ уыдзæн уый! Йæ фындз сæрфын нæ зоны, Æмæ мæнæн уый зонд амоны ам! Нæ уыдзæн уый! Сæрхъæн æмæ гуымиры! Æгъдау æм нæй. Рухс тынгдæр! Тынгдæр рухс! Кæд не ’мбарыс — æрцахуыр дæ кæндзынæн. (У а з д ж ы т æ н.) Пырх нæ, пырх нæ! Мæ уазджытæ, æмзылдæй! Т и б а л т. Цæй, афтæ фод. Ныхъуырын æз мæ маст, Æмæ зынтæй æххæст кæнын дæ бардзырд, Фæлæ кæй æрбацыди ардæм ныр, Уый уымæн цин нæ — бирæ маст æрхæсдзæн. (Ацæуы.) 174
Р о м е о. Мæ дæрзæг арм дыл аныдзæвд гæзæмæ,— Дæ рæсугъд къухтыл баззайдзæн йæ фæд. Æз æй мæ былтæй сисдзынæн фæстæмæ, Ды ба кæнын куы бауадзай мæн, уæд. Джулеттæ. Нæ фыд, æрмхæсты ницы ис а^взæрæй. Уый у æгъдауджын адæмы салам. Лæг сыгъдæг зæдæм акувы йæ сæрæй, Æмæ нæ хъæуы батæ кæнын ам. Р о м е о. Æмæ ма уæд нæ былтæ та цы кусой? Джулеттæ. Хуыцаумæ кувæнт кувыны сахат. Р о м е о. Лæгъстæгæнгæ дæм кувын уæдæ: хъус-ма, Æртас мæм иунæг пог бамæ, сыгъдæг мад. Джулеттæ. Нæ, бамæ тасын у мæнæн æгæр зын. Р о м е о. Нæ хъæуы, æз мæхæдæг хорз æххæссын. (Ба йын кæны.) Мæ тæригъæд æрцыд мæ былтæй ист. Джулеттæ. Мæнæн сыл уый хыгъд сæмбæлди фыццаг хатт. Р о м е о. Æцæг? Уæдæ мын æй фæстæмæ ’рис. Д ж у л е т т æ. Мæ хур, кæм кодтай ба кæныныл ахуыр? Д ы д ж ы з æ. Дæ мад дæм дзуры иу-дыууæ ныхасмæ. Джулеттæ ацæуы. Р о м е о. йæ мад та чи у? Д ы д ж ы з æ. Ды кæмæ дæ хуынд? Хæдзары ’хсии, æгас бинонты хистæр. Иæ чызджы та йын схъомыл кодтон æз. Ныртæккæ ам лæууыдтæ йемæ. Зон æй: Уый чи ракура, ахæсдзæни уый Дзæвгар хæзна. 175
Р о м е о. Лу, Капулеты чызг? Уæдæ мæ цард мæ фыдгулæн куы радтон. Б е н в о л о. ’ Цæй, цом, иттæг хорз рауади нæ хъазт. Р о м е о. Тæрсын, мæнæн кæд райдыдта мæ маст. К а п у л е т. Нæ, хорз адæм, цы тындзут афтæ раджы? Æрбахæссынц нын адджынтæ. Æцæг? Гæнæн уын нал и? Тагъд кæнут? Цæй, бузныг. Цы уын кæнон. Фæндараст ут. Гъей, рухс! Дзæбæх сын рухс! Æз та цæуын мæ уатмæ. Гъæ, дæлимон, куыд байрæджы йс, куы! Хуыссыи хъæуы. Капул е т æмæ иннæтæ ацæуынц, Джулеттæ, Æрбайхъус-ма, дыджызæ, Нæ къæсæры раз чи у, цымæ, уый? Дыджызæ. Уый у зæронд Тибернойæн йæ иунæг. Б е н во ло ацæуы. Джулеттæ. Уæд дуарыл гъеныр чи ’рлæууыди, уый та? * Д ы д ж ы з æ. Уый та Петручо у, æнхъæлдæн, кæстæр. Меркуцо ацæуы. Джулеттæ. Уæд ныр йæ цурмæ чи бацыд æмæ Рæвдз чи нæ кафы, уый та? Р о ме о ацæуы. Д ы д ж ы з æ. Уый нæ зонын. Джулеттæ. Цу, базон æй. (Дыджызæ базилы фæцæйцæуджытæм.) Æмæ йын кæд ус и, Уæд мын хуийгæут аргъауæн мæрддзæгтæ. 176
Дыджызæ (баздæхы). Йæ ном Ромео. Уе ’знæгты фыддæр. Моитектæн у зыбыты иу, сæ бындар. Д жу л еттæ. Мæ риуы йæм сыгъдис хæрам æрмæст,— Ныр ыл мæ зæрды судзгæ уарзт фæхæст. Нæ зыдтон раздæр мастгæнæг хуыснæджы, Ныр базыдтон, æмæ фæци æрæджы. Фæлæ мæ зæрдæ нæу сæттыи мæ бон: Фыдгулы уарзгæ судздзынæи бынтон. Д ы д ж ы з æ. Цы? Уый цы уыди? Джулеттæ. Ницы, стихтæ. Мемæ Цы лæппу кафыд, уый мын сæ дзырдта. Леди Капулет (фæссценæйæ). Джулеттæ! Д ы д ж ы з æ. Хъусæм, хъусæм! — О, хин, хин! Æнафон у. Æруадзæм цом нæхи. Ацæуыиц. 12. Шекспир
Пролог Бацæуы хор Фыццаджы монцы рох йæхицæн айста, Р1æ бынаты фæзынди ныр æидæр. Ромео раздæр тынг цы чызджы уарзта,— Джулеттæйы раз нал калы цæхæр. Сæ уарзондзииад тухитæй нæ сæтты, Фæлæ иырма кæрæдзимæ сты дард. Сæ биноиты хæрам сын бар нæ дæтты, Цæмæй рæсугъдæй баиу уа сæ цард. Монтскты мыггаг Капулеттæн феиад, Ромео у сæ фыдызиаг æрмæст. Джулеттæ йæ цыхуызы, стæй кæм фена, Куыд ыл не ’рхæца ныййарджыты цæст? Фæлæ сæ уарзт йæ хъизæмæртты мары Æмæ сын фадат фембæлынæн ары. Ацæуы. 1СЦЕНÆ Верон. Капулетты дыргъдоны фарсмæ уынджы фæзилæн. Бацæуы Ромео. Ро м е о. Кæдæм цæуои, мæ уд кæд ам и, уæд? Мæлинаг буар, дæ уды фæдыл зилгæ!
(Фæхизы дыргъдоны æмбондыл.) Бацæуынц Б е нв дло æмæ М е р к у ц о. Б е н в о л о, Ромео, ’рлæуу! М е р к у ц о. Ромео нæу, сæрхъæн. Уый афонмæ фынæй кæны сæхимæ Б е й в о л о. Ныртæккæ бахызт ацы къулыл уый. Фæдзур-ма йæм тыхджындæр ды, Меркуцо. Мерку цо. Циу дзурын та,— ныккæндзыиæн æм хъæр.— Ромео! Оу, æнæсæрьгмагъз уарзон! Æврагъ, йе — улæфт ам, мæ разы фест. <Юх-ох» нын зæгъ, кæнæ нын иу стих бакæс, Йе срифмæ кæн «мæ цард» æмæ «æнкъард». Зæгъ иу ныхас Венерæйæи, фæхуд ын Йæ куырм хъæбул Амурыл; науæд радзур Зæронд таурæгъ, къарол Кафетуа Куыд бауарзта мæгуыргур чызд-жы, ууыл.— Хъыпи-сыпп дæр нæ. Сыбыртт дæр нæ. Ныхъхъус. Уый мард куы у, æз та йæм кæнын сидгæ. Дæ рæеугъд Розалинæйæн йæ ном, Иæ бæрзонд иых, йæ судзаг сау цæстытæ, Йæ тæвд былтæ, йæ урс-урсид зæнгтæ Æмæ йæ риуы пух-пухид тымбылтæй Ныххатыр кæн, дæхи нæм равдис тагъд. Фæзын, фæзын! Б е нв о л о. Хъыг ын куы уа, миййаг. Меркуцо. Хъыг та цæмæн? Иæ уарзонмæ йын искæй Æрбахуыдтон, зæгъгæ, дын мæнæ ус? Мæ ныхæсты нæй мисхал дæр хъыгагæй. Ромеомæ йæхи номæй^ дзьтрдтон, Зæгъгæ, фæзын дæ саурæсугъды номæй. Б е н в о л о. Цом ардыгæй. Уый къутæртьг ныллæст. Куырм уарзт кæны æмæ нымбæхсти тары. Мер ку цо. Гъе, уарзондзинад куырм куы уаид, уæд • Ромеойæн куыд акъахта йæ зæрдæ? Кæмдæр дыргъбæласы бын бады уый 179
Дшæ хæрзаг зæгъы: «Тæхуды, ныр Мæ саурæсугъд мæ сæрмæ дыргъ куы фестид Æмæ куы ’рхауид раст мæ къухтæм ам!» Кæрдо куы фестид — иу къæмс æй ныккæнид! О, тутсæр, о сæрхъæн Ромео! Цæй, Хæрзæхсæв у. Æз хуы.ссæнмæ фæцæуып. Ам, уынджы астæу уазал у мæнæн. Цæй, цом, Бенволо. Б е н в о л о. Цом. Цæмæн æм дзурæм, Куы иæ йæ фæиды, ссарæм æй, уый, уæд? Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Капулеты дыргъдон. Бацæуы Р о м е о. Ро мео. Зæрдæниз циу — нæ зонынц æмæ худынц. Фæлæ æнцад! йæ рудзынгыл цы ссыгъд? Сæуæхсид у! Джулеттæ — уый у рухс хур! Хур, ракæс ды æмæ ныттар уа мæй Хæлæггæигæ, æнæуи дæр фæлурс у Æмæ рынчын — рæсугъддæр дзы дæ ды. (Балкъоныл фæзыны Джу л еттæ.) Уæдæ ныууадз дæ лæггад кæиын мæйæн, Дæхæдæг ын бæззыс паддзахæн ды. О м ’ахсджиаг! О ме стыр цин! 0 ме скаст! Цæмæй зопыс, мæ рухс дупе кæй дæ! Цы? Сдзырдта мæм? Нæ, афтæ мæм фæкасти. Уæвгæ, æниу цæстытæй дзурæн ис! О, ме ’рра зонд! Уæлæрвтæ дзурынц йемæ: Дыууæ æрттивгæ стъалыйы бæрзонд Фæцæуынц æрвтыл, æмæ уыдон курынц Мæ дунейæ, цæмæй уал рухс кæиа Иæ цæхæркалæг рухс хуртæй сæ бæсты. Гъæй-джиди, ныр бæрзонд цъæх арвæй уый Куы ракæсид йæ цæстытæй нæ зæхмæ,— Сæ рухс сын мæргътæ фенхъæликкой бон Æмæ æваст ныззариккой æхсæвæй. Кæс-ма: йæ русыл авæрдта йæ къух. 180
Цымæ кæм уа, цы хъуыдыты йæ зæрдæ? Тæхуды, ныр йæ къухæн фест æрмкъух Æмæ йæ русыл аныдзæв! Джулеттæ. О сагъæс! Р о м е о. Цыдæр ысдзырдта. О мæ рухс зæд, дзургæ! Æхсæвыгон сызгъæринбазыр мæй Иæ цъæх фурды куы фæленк кæны сабыр, Уæд æм бынæй куыд джихæй кæсæм мах, Раст афтæ ды пæр-пæр кæныс мæ сæрмæ Æмæ дæм тары балкъонмæ кæсын. Джулеттæ. Ромео, ныр цæмæн дæ ды Ромео? Хъыг мыи у тынг. Дæ фыдæй рацу, аив Дæ ном, дæ мыггаг, йе та ракур мæн, Цæмæй мæ мауал хоной Капулеттæй. Р о м е о. Хъусон иырма æви йын раттон дзуапп? Джулеттæ. Мæнмæ хæрам æрмæст дæ ном у иунæг. Ды уаис ды, куы нæ уаис Монтектæй. Цы у Моитектæй? Риу кæнæ къæхтæ, Цæсгом æви уæхсчытæ, науæд къухтæ? Æви дунейыл нæй æндæр нæмттæ? Цы давы ном? йæхи тæф кæндзæн уарди Цыфæнды йæ куы рахоиай, уæддæр. Ромеойы цыфæнды номæй рахон, Нырау уыдзæн хæрзгæнджыты хуыздæр. Ныууадз дæ ном дæр: мауал у Ромео Æмæ йæ бæсты айс æгасæй мæн. Р о м е о. Дæ зæрдыл дар: ныхасыл дæ æрцахстон,— Мæн уарзон у,— уæд саргъаудзынæн иог, Уыдзæн мын уæд нырæй фæстæмæ ’ндæр ном. Джулеттæ. Ам чи дæ уый, æхсæвыгон мын афтæ Мæ сусæг сæнттæм чи хъуыста? Р о м е о. Нæ уæндын Мæ ном дæуæн æргом зæгъын. Ныр уый Дæу тыххæй у мæ зæрдæйæн цæстысындзч Гæххæттыл æй куы ссарин æз фыстæй — Сæ дыууæйы дæр бакæнин гæбазгай. 181
Джулеттæ. Дыууæ дзырды нæма загътам нырма, Фæлæ уæддæр куыд хорз зонын дæ хъæлæс: Ромео ды нæ дæ? Æдæг Монтек дæ? Р о м е о. Сæ иу дæр нæ: иыффæлдæхтон сыл дур. Джулеттæ. Куыд æрбафтыдтæ ардæм та? Цæй фæдыл? Бæрзонд у сис, йæ сæрмæ схизæн нæй. Æвирхъау мардæй амæлдзынæ, амдæ Мæ мад æмæ мæ фыд куы ссарой, уæд. Р о м е о. Мæн а бæрзондмæ уарзондзинад систа, йæ ныхмæ систæн ницы у хæ бон. Иаё тыхстыл уый æппæтмæ дæр ныфсхаст у,— Уæд мын цы сты ныййарджытæ мæнæн? Джулеттæ. Куы дæ феной, уæд амардзысты дæу. ~ Р о м е о. Дæ цæстæнгас сæдæ кардæй тæссагдæр. Æрмæст мæм ды дзæбæх цæстæй æркæс, Æмæ мын уый уыдзæн сæ ныхмæ уартау. Джулеттæ. Гъæй-джиди, ныр куы ничи фенид дæу! Ро м ео. Мæн тар æхсæв æрæмбæрздзæн пæлæзæй. Æрмæст мæ ды дæ хъармæй тав. Кæд нæ, Уæд мын мæлæт у адджындæр сæ къухæй, Цæйнæфæлтау дæ рæвдыдæй уон цух. Джулеттæ. Зæгъ-ма: фæндаг дын чи амыдта ардæм? Ро м ео. Мæ уарзондзинад. Наутæрæг нæ дæн, Фæлæ зæххæн йæ хæрз кæрон куы фестис, Уæддæр æдæрсгæ сау фурдыл æваст Фæраст уаин дæ хуызæн рухс хæзнамæ. Д ж у л е т т æ. Мæ цæсгом мын æмбæхсы тар æхсæв, Фæл& мын судзы фырæфсæрмæй, уымæн Æмæ мын иыр мæ зæрдæ зоныс ды. Бæргæ мæхи куы дардтаин æмбæхстæй, Бæргæ уал «нæ» куы загътаин дæуæн... Бæргæ, бæргæ... Фæлæ цы сты мæнг митæ? Мæн уарзыс, нæ? Бæгуы зæгъдзынæ: «0». 182,
Æууæндын дыл. Æниу куы хæрай ард, Уæддæр дæ бон у асайын. Юпитер Кæл-кæлæй худы уарзæгæйтты ардыл, Сæ сомытæ сын мурмæ дæр нæ дары. ,0 м ’ахсджиаг Ромео, кæд мæ уарзыс, Уæд зæгъ æргом. Дæумæ гæсгæ кæд æз Æгæр æнцонæй басастæн дæ разы, Уæд афтæ фод: æз раст кæнын мæ рæдыд, Æмæ мыи кæд тыхджын зын у, уæддæр Дæумæ цæуыиыл ивын æз мæ ныхас. Ай-гъайдæр, æз дæу афтæ уарзын тынг, Æмæ ды мæн нымайдзынæ рæузондыл. Фæлæ цæстмæ æнæрцæф чызджытæй Æз бирæтæй цæсгомджындæр дæн, баууæид. Мæхиуыл мæ хæцын хъуыди хуыздæр, Фæлæ нæ зыдтон, исчи мæм кæй хъусдзæн. Ныббар, кæй дæн æргомныхас, уæндаг, Фæлæ мæ ма ’нхъæл рог æмæ æнæгъдау. Ромео. Хæрын дыи ард иæ бакомкоммæ ныр Уæ бæлæстыл зæрин тын уафæг мæйæ... Д ж у л е т т æ. О, ма хæр ард — йæ хуыз фæивы мæп, Æрвылмæй уый йæхи бынтон фæивы — Дæ зæрдæ дæр к^ы аива, миййаг. Р о м е о. Уæдæ цæмæй ард бахæрон? Джулеттæ. Хæрыи Нæ хъæуы ард. Фæлтау мын ракæ сомы Дæхи удæй — æппæты стырдæр фарнæй — Уый алцæмæй сыгъдæгдæр у мæнæн. Р о м е о. Хæрын дын ард, кæд ацы зæрдæ искуы... Джулеттæ. Нæ, ма хæр ард, мæ ции кæд дæ, уæддæр Æхсæвыгон нæ фæнд æгæр тагъд баиу, Æмæ тæрсын, куы нæ мын радта цин: Æвиппайды, æнæнхъæлæй фæзынди, Раст мигътæй хур куыд ферттива æваст Æмæ æваст куыд фæмынæг уа, афтæ. Хæрзæхсæв. Ацы амонды къуыпа Сырх дидинæг нæ ног фембæлдмæ скалдзæи. Хæрзæхсæв у! Æмæ фæндараст! Ахсæв
Дæ фыны ахæм адджын нывтæ фен, Мæ зæрдæйы ныр чи кæны цырен. Ромео. Ау, афтæмæй мæ уадзыс ныр уæддæр? Джулеттæ. Уæдæ ма дын цы радзурон æндæр? Ро м ео. Мæнау ды дæр нæ уарзыныл ард бахæр. Джулеттæ. Ард бахордтон дæуæй, мæдуне, раздæр. Куы ма йын уаид аивæн мæнæн... Ро м ео. Дæ сомыйæн, мæ дуне? Уæд цæмæн? Джулеттæ. Цæмæй ног расомы кæнон, мæ зæрдæ. Мæхи удыл нæ хардз кæнын мæ хæрзтæ: Мæ уарзт у арф, мæ рæдаудзинад та — Парахат фурдау. Цас фылдæр дзы уарын, Уыйас фылдæр, рæсугъддæр хæрзтæ ссарын. (Фæссценæйæ хъуысы дыдоюызæйк хъæлæс.) Мæн агурынц.— Цæуын.— Хæрзæхсæв у.— — Цæуын, цæуын! — Фæндараст. Ма мæ рох кæн. Æз, чи зоны ’мæ фездæхон. Фæлæуу-ма. (Ацæуы.) Ро мео. Сыгъдæг æхсæв, сыгъдæг æхсæв! Миййаг, Кæд ай фын у,— куыд парахат у амонд, Раст аргъауау, æгас дуне рæсугъд! Балкъонмæ раздæхы Джулеттæ. Джулеттæ. Дыууæ ныхасы. Кæд æмæ, Ромео, Æцæг кæныс мæ ракурыны фæнд, Уæд мын сом зæгъ, кæм æр’цæудзыстæм аргъуыд. Сæумæйыл дæм мæнæй фæзындзæн лæг, Æмæ-иу зæгъ æргом дæ фæндон уымæн. Цы хорз мæм уа, уый ратдзынæн дæумæ, Æмæ цæттæ кæдæмдæрид дæ фæдыл. Ро м ео. Мæ урс бæлон! Джулеттæ. Цæуын, цæуын! Фæцæуын! — Фæлæ кæд ды мæ сайынвæнд кæныс... 184
Уæд та, уæд та,.. Д ы\д ж ы з æ. * Мæ урс бæлон! Джу’леттæ. Уæд та мæ Ныууадз бынтон æмæ мæм мауал цу. Сæумæйыл сом. Ро мео. Хæрын дын ард мæ удæй... Джулеттæ, Хæрзæхсæв у сæдæ хатты. (Ацæуы.) Ро мео. Мæ хур, Мæ зæды хай, сæдæ хатты æнкъардæй Æз мысдзынæн дæ рухс цæстытæ дардæй. Нæ уарзæттæм нæ фæндаг у æнцон, Нæ уарзæттæй фæстæмæ та — ёындон. (Фæцæуы ахизæнмæ.) Балкъонмæ раздæхы Джулеттæ. Джул еттæ. Кæм дæ, Ромео? Дутт-дутгæнæн ныр! Каед уыцы маргъы ’рбасаин фæстæмæ. Фæлæдæн ахст. Мæнæн хъæры бар нæй, Æндæр, мæ хъæрæй азæлдæн йæ хъæлæс Ныффæсус уаид, афтæ хъæр кæнин: Ромео, ракæс! Цæй, кæм дæ, Ромео? Ро мео. Мæ уд та мæм фæстæмæ сиды ног. Куыд нæрыиц ахсæв уарзæтты хъæлæстæ! Джулеттæ. Ромео! Ро мео. Ме зæд! Джулеттæ. Цал сахатыл дæм Нырвитон дзуапмæ райсом раджы? Ро м ео. Астыл. Джулеттæ. Уæдмæ нырма ыссæдз азы куы ис! Куыд быхсдзынæн... Цы ма уыдтæн зæгъинаг?. 185
Ромео. Æрымыс æй, æз уал лæудзыиæн ам. Джул еттæ. Лæуу уал, цæмæй мæ ферох уа фæстæмæ, Æмæ ма ноджы алæууай ды ам. Ромео. Æдзух æй мыс æмæ йæ рох кæ ногæй,, Ам цалынмæ лæууынхъом уон, уæдмæ. Джу л еттæ. Фæрухс и бон. Ныр афон у, æмбæхсгæ. Фæлæ дæ ныр куыд ауадзон, зæгъ-ма? Тентекк чызджы æнгуылдзмæ цыллæ ’ндахæй Куыд баст уа маргъ, раст афтæ дæ ды дæр: Бæттæнбæрц ын тæхыны фадат ратты Ыстæй та йæ фæстæмæ ’рласы ног. Раст афтæ мах дæр. Р о м е о. Ахæм маргъ куы фестин, Фæнды мæ тынг. Джул еттæ. Мæн дæр фæнды, бæргæ, Фæлæ дæ уæд æз амарин мæ цинтæй. Æниу, фæндараст. Стыр хæрзтæ дæ хай. Хæрзæхсæвтæ. Хъæмæ цæуын, цæй зын дæ! Мыггагмæ дæр дын дзурин: «Фен хæрзфынтæ!» (Ацæуы.) Ро мео. Хæрзæхсæв у. Хæрзфынтæ дæм цæуæд, Дæ.риуы мын рæсугъд нывтæ цæрæд! Æз та тæхын Лоренцомæ ныртæккæ, Кæд саразид нæ зæрдæты хъуыддæгтæ. Ацæуы. 3 СЦЕНÆ Бери Лоренцойы ныккæнд. Æд чыргъæд бацæуы бериЛоренцо. Бери Лоренцо. « Фæирд и бон, сырх-сырхидæй сæуæхсид Бæрзонд æврæгъты хъулæттæ кæны. Æхсæвидартæ расыг лæгтау цудгæ, 186
Фæйиæрдæм лидзынц. Цалынмæ сæудар Нæма фæци, нæма ’ртад æртæх хурмæ, Уæдмæ мæ чыргъæд байдзаг кæнон хъуамæ Лæгæн æххуысы зайæгхæлттæй æз. Цыфæнды райс, фод зайæгхал, цæрæгой— Зæхх алцæмæн у райдайæн, кæрон. Цы йыл цæры — æгас цъæх дуне — алцы Цæры зæххæй æмæ цæуы зæххыл. Цы цæрæгой, цы зайæгхал ыл ис — Цæрьшц мыггаггай æмæ къайгай; се ’хсæн Мæу афтид иу дæр æмæ нæу уæлдай, Кæрæдзийыл æмхæстæй алчи хицæн. Цы диссаджы тыхтæ цæвæрдта зæхх Иæ дурты æмæ дидинджыты мидæг? Æгас дунейыл ахæм буаргъæд нæй, Зæххы чи нæй, кæмæй нæ цæры саумæр. Цæмдæриддæр ис хорздзинад лæгæн, Фæлæ йæ фарсмæ хорзæн ис фыдбылыз. Цыдæриддæр у й ’афоныл æххуыс, Фæстæдæр, кæнæ раздæр та — æвзæр у. Цыдæриддæр куы райсай, уæд уым ис Лымæндзинад æмæ хæрамдзинад дæр. Гъе мæнæ ацы дидинæджы райс, Йæ иу хай хос, йæ иннæ та — хæрзхъæстæ. Йæ сыфтæрты, йæ уидæгты ис марг, Йæ дидинæджы ’хсызгон тæф та хос у. Гъе, адæмты зæрдæты дæр фыдгæнд Æмæ хæрзиуæг афтæ цæрынц иумæ. Кæнынц уым тох лымæн æмæ хæрам, Æмæ хæрам кæм фæвæййы уæлахиз, Мæрайæ сау фæдары уым мæлæт. Ромео (фæссценæйæ). Нæ фыд! Бер,и Лоренцо. Сыгъдæг хуыцау, тæригъæд бакæн. Цымæ кæй хъæуы афтæ раджы ’ххуыс? Бацæуы Р о м е о. Ау, уый ды дæ? Æнæниз дæ, мæ хъæбул? Кæркуасæнтыл цæмæн рабадтæ уæд? Зæронд куы нæ дæ, искæй мæт нæ кæныс. Мах, зæрæдтæ, æнæхуыссæг вæййæм. Лæг мæт куы кæна, уæд фæлидзы хуыссæг. Фæлæ дæуæн, æрыгонæн хуыссæг, 187
Фынæй кæнын — йæ тыхджындæр æгъдау у. Нæ, афтæ раджы ницæй тыххæй ды Нæ рабадтæ,— цыдæр хъуыддаг дæ ис. Æви дыл де ’хсæв фынджы уæлхъус ацыд Æмæ хуысгæ дæр не ’ркодтай нырма? Р о м е о. Ды раст дæ. Æз нæма скодтон хуысгæ дæр. Бери Лоренцо. Хуыцау, ныббар. Кæмæ уыдтæ, зæгъ-ма, Дæ уарзон Розалинæмæ? Ром-ео. Нæ уыдтæн,— Ныр Розалинæ хицæн у мæнæй. Мæ зæрдæйæ ныр ферох ис йæ ном дæр. Бери Лоренцо. Уый хорз. Фæлæ кæм уыдтæ дысон уæд? Р о м е о. Ныртæккæ дын зæгъдзынæи æз æппæтдæр. Уыдтæн хуынды мæ фыдызнæгтæм æз. Тыхджын фæцæф дæн уазæгуаты дысон. Мæ ныццæвæгæн радтон дзуапп æз дæр. Æмæ ныр хъуамæ бабæттай мах иумæ. Дæ хорз фæдзæхст мæ зæрдыл дарын æз: Фыдми мæ ферох, ме знагæн ныббарстон, Ныр баххуыс кæи нæ дыууæйæи дæр тагъд. Бери Лоренцо. Æргомдæр дзур, цы дæ хъæуы, мæ хъæбул? Дæ ныхæстæ дын не ’мбарын æппын. Ромео. Æз бауарзтон сæ чызджы Капулеттæн. Æнæ кæрæдзи махæн нæй цæрæн. Нæ зæрдæтæ ныр иумæ сты хъаймæтмæ. Æрмæст ма ныл дæ саргъауын хъæуы. Цом, цом, нæ фыд, цы ма нæ хъæуа ноджы,— ’ Ныртæккæ дын æй радзурдзынæн æз. Æрмæст мæнæн ныфс бавæр — а фæндагыл, Тæккæ абон кæй саргъаудзынæ махыл. Бери Лоренцо. Сыгъдæг Франциск! Куыд феннæрдæм бынтон! Æвиппайды дзы айрох Розалинæ. Ныры фæсивæд арф зæрдæйæ нæ — Сæ цæстыхауты кæрæттæй фæуарзынц. Зæгъ-ма, къуыдипп, кæй фæдыл калдтай ды Хæрз æрæджы дæ цæстытæн сæ сыгтæ? 188
Цæйбæрц фæкалдтай суар æмæ цæхдон Хуымæтæджы? Æргом-ма мæм æрбакæс. Дæ цæстысыг ыл рагæй нал калд, и? Дæ уадултыл йæ фæд куы нæма бахус. Ахх, оххытæ хæрз æрæджы куы кодтай. Кæй зæрдæ уыд цымæ дæ риуы уæд? уНи ’ппæлыд Розалинæйы рæсугъдæй? ИЕви, миййаг, нæ уыдтæ уый дæр ды? Кæд лæгтæн се ’ууæнк афтæ тынг æрхаудта, Уæд ма куыд домæм устытæй æгъдау та? Ром-ео.| Кæй уарзтои Розалинæйы, нæ фыд, Дæхæдæг-иу мæ уый тыххæй куы ’фхæрдтай. Б е р.и Л рр енцо. Нæ, мæ хъæбул, кæй уарзтай, уымæн нæ — Æг^æр кæй уарзтай, уый тыххæй дæ ’фхæрдтон. Р о м >е о. > Уый ахицæн,— нæ ныхас у цыбыр. Б е р ,и Л о р е н ц о. Æмæ æндæры сæккой кодтай ныр. Р о м<ео. Ай фыццаджы хуызæн куыд хоныс уæд? Уый уыд мæстыгæр, ай та зæд у, зэед. Бер,и Лоренцо. Уый раст уыди, мæсты кæй кодта, уымæй: Дæ хус ныхæсты фæстæ дын уыдта, Дæ зæрдæйы йæм мурдæр уарзт кæй нæ уыд. Фæлæ мæнæн, æнæрхъуыды къуыдипп, Мæ сæры ныр æндæр хъуыды æвзæры: Дæ дыккаг бауарзт рауайдзæн уæд хорз, Уæ хæрам сафынæн куы фæуа хос. Р о м е о. Дæ хорзæхæй, фæтыидз, нæ фыд, изæр у. Бери Лоренцо. Тæвд ма кæн: тагъд цы скæнай, уый æвзæр у. Ацæуынц. 4СЦЕНÆ Уынг. Бацæуынц Б е нв о ло æмæ М е р к у цо М е р ку цо. Кæм хæта уыцы дæлимон Ромео? Цымæ сæхимæ уыди дысон? 189
Б е н в о л о. Нæ. Ущдтæн сæм, фарстон. Мерку цо. Уыцы Розалинæ Йæ ницæйаг æмæ æдзæсгом хъазтæй Хæрз æрра скæндзæн мæгуыры, кæс-ма. Б енво л о. Нæ фехъуыстай, Ромеомæ Тибалтæй Фыстæг æрбацыд? М е р ку цо. Сиды йæм, кæс-ма-иу. Б е и в о л о. Ромео дзуапп ратдзæн. М е р к у ц о. Æмæ уый цы днссаг у. Фыстæгæн дзуапп раттын уа зын нæу. Б ен в о л о. Нæ, уый йын дзуапп ратдзæн йæ фæсидт райеы- нæй. М е р к у ц о. О мæгуырæг Ромео, æнæуый дæр мард уыди уыцы фыдбылызы чызджы сау цæстытæй. Иæ хъустæ йын ахуынчъытæ кодтой серенадæтæй, йæ зæрдæ — уар- зондзинады фатæй. Æмæ афтæмæй хъуамæ хæца Ти- балтимæ. Б е н в о л о. Æмæ цы у Тибалт? Мер куцо. Уый иучысыл тæссагдæр у аргъауаг гæды Тибер- тæй, бауырнæд дæ. Йæ ном хъахъхъæнынмæ — сыгъ- дæг дæлимон. Кардæй хæцы нотæтæм гæсгæ: иу, дыу- уæ, æртыккагæн та йæ кард фистоны онг сагъд уы- дзæни д’артæнты. Ахæм дуэлист у, æндæр уыйхуызæн цырагъы рухсмæ дæр не ссардзынæ. Уымæй йæ дис- саджы раззайо! йæ рип!о геуе$80 йæ Ьа1.5 Бе’нволо. йæ цы? Меркуцо. Уый сæ сæрхъæн дæлимойнаг æвзагæй у, хæйрæ- джы амæттаг фæуой. Лæг æндæр ницы фехъусдзæн: «Ард дын хæрын, ай æцæг кард у! Мæ сæр дын цъын- 5 раззайо! рипЬ геуеззо, Ш (итал.) — кардæй (æхсаргардæй) хæцыны терминтæ.
ды æвæрьш, ай æцæг лæг у! Уæд дæлдзæх ныххауон, ай диссаджы чызг у!» Уыйбæрц тæхгæ та кæцæй кæ- ныиц, тæхгæ, уыцы фæсденджызо’н бындзытæ сæ фæ~ сарæйнаг дзæнгæдаимæ, дæлдзæх фæуой рагёоппег- то1, Ьоп, Ьоп6. Сæ пæлæхсар салбæрттæй зæронд бан- удæттыл æрбадæи дæр никуал вæййы. Бацæуы Р о м е о. Б енв (^л о. Кæс-ма, кæс-ма, Ромеойы хуызæп мæм-кæсы. Мерку\цо. Царм æмæ стæгдар. Рухс дзы кæсы хус кæсагау. мæгуыр уа уæ бон, адæймаджы туг æмæ стæг, уДæст тъараны хуызæн куыд авæййут! Ай хъуамæ улæфгæ дæр стихтæй кæнид, раст цыма Петраркæ у, уымæн æмæ йæ уарзоиы раз Лаурæ ницы у, чъиллон- къахæй уæлдай. Бонжур, синьор Ромео. Францаг са- лам дæ сæвджын францаг салбарæн. Хорз нæ куы афæлывтай дысонизæр. Ромсо. | Салам уæ дыууæйæн дæр. Афæлывтон? Уæд цы- хуЦзы? М е р к у ц о| Ферох дæ? Баныхас кодтам иумæ цæуыныл, стæй ды асыллынк ластай. Р о м е о. Бахатыр кæн, мæ зынаргъ Меркуцо. Ныр æз ахæм æнæвдæлон дæн, ахæм... Мæ уавæрты раздæр баны- хас кæнын иицы давы. М е р к у ц о. Куыинæма. Дæ уавæрты зонгуытыл бырын фæ- хъæуы. Ро мео. Тынг уæздан ныхæегæ кæныс. М е р к у ц о. Ай-гъайдæр. Æз уæздандзинады фидыц дæн, ди- дднæг.- Р о м е о. Дидииæг? Æвæццæгæн, даричин. Меркуцо. Иттæг раст. Ро м-ео. Мæнæ мæ басмахъæвæрæнтыл цы даричинтæ ис, ахæм. 6 рагёоппег то1, Ьоп, Ьоп (франц.) — бахатыр мын кæн, хорз, хорз. 191
Меркуцо. Заммаиай цыргъзонд иыхас! Гъæй кæн д/рддæр дæ уыцы басмахъгæнæн цыргъзондæй, цалынмæ йыл дæ уæфстæ баихсийой уæдмæ. Дæ уæфстæй и|ечи куы ныпъпъæртт ласа, уæд дын дæ цыргъзонд б/бæздзæ- ни, кæд тынг къуымых у, уæддæр. Ро мео. О мæгуырæг цыргъзонд, иу уафсы йе^æмæ кæ- мæн иал ис, куыннæма банхсийа! Меркуцо. Тагъд, баххуыс мын кæн, мæ хæлар Б^енволо, мæ цыргъзонд ныууоцани ис, размæ нал цæуы/ Ромео. йæ рохтæ йын балвас, фæцагай йæ р’азмæ, науæд хъæр кæнын: «Амбылдтон». Меркуцо. I Цæй, куыд, афтæ хуыздæр нæу дæ сГххытæй æмæ дæ аххытæй? Гъеныр демæ ис дзурæн дæр, ды — Ро- мео дæ, ды дæ, цы дæ, уый æмæ цы хъурмæ уай, уый дæр. Науæд дын дæ сайтаны уарзондзийад дæ фындз æруадзын кæны, ралае-балас дæ кæгда йæ фæдыл æмæ дæ хъазы, цыма йын хæцъшгпй тухинаг дæ, уыйау. Бе’няоло. Æгъгъæд, æгъгъæд. Меркуцо. Цы, тæрсгæ кæныс, фæрисдзæн ын, зæгъгæ? Б е ’н © о л о. Æз тæрсын, уæ хъаугъа æгæр куы нытътъанг уа, уымæй. Мер’ку цо. Рæдийыс. Æз мæ ныхасæн йæ астæустæгыл ахæц- цæ дæн кæронмæ æмæ йын лыг кæнын йæ къæдзил. Бацæуынц Петр æмæ д ыдж ыз æ. Ро мео. Уæртæ диссаджы пæлæз! Мерку цо. Нау, нау! Б е«?во л о. Дыууæ: салбар æмæ къаба! Д ы д ж ы з æ. Петр!
>тр. Цы дæ хъæуы? Д ь\д ж ы з æ. * , Мæ веер, Петр. Ме^уцо. Бамбæрз æй веерæй, мæ хæлар Петро. Веер ын йæ хуыз фæхуыздæр кæндзæн. Д-ыд^ыз æ. Уæ райсом хорз уа, хорз фæсивæд. Мерк^цо. (æй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, хорз æхсин. Дыдж^ззе. Ау, æмæ изæр у? М е р ’К у ^ о. чÆвæццæгæн. Æдзæсгом хур æмбисбои ныллæууы- дис арвæн раст йæ тæккæ астæу. Д ы д ж ы]з æ. Ныууадзут-ма, цæй. Цавæр адæймаг дæ, цæ? Р о м е о. I Æхсин, уый æрдз йæхиуыл худынæн сфæлдыста. , Д ы д ж ы Ь æ. Иттæг диссаг. Иæхиуыл худынæн, зæгъыс? Уьш хорз, фæлæ мæн æндæр хъуыддаг ис. Чи мын зæгъ- дзæни, кæм уа æрыгон Ромео? Р о м ео. Табуафси. Æрмæст æрыгон Ромео чысыл фæхи- стæр уыдзæни, куы йæ агурыс, уæдæй, куы йæ ссарай, уæдмæ. Ахæм ном кæмæн ис, уыцы адæмæй æз дæн æппæты æрыгондæр, мæнæй æвзæрдæр дзы кæй ничи у, уымæ гæсгæ. Д ы д ж ы з æ. Кæд ды Ромео дæ, уæд æз дæуæн хъуамæ зæгъон æууæнчы иыхас. Б е (н |В о л о. Фендзынæ, цымæ йæ искуыдæм æхсæвæрмæ нæ бахонид. М е р к у ц о. Ахæм ма дзырдхæссæг уа! Хæцут ыл, хæцут ыл! Р о м е о. Цавæр сырд федт-ай, кæуыл ардауыс куиты? Мер ку цо. Æнæхайыр фод, тæрхъус нæу. Æгæр фæзæронд ис æмæ мархо у. (Зары.) Хорз тæрхъусы фыдæй 13 Шекспир 193
Сихор адджындæр нæй/ Марходарæнты ахæм хай агур, Фæлæ тæрхъусы конд Тынг куы вæййы зæронд, Уæд йæ дзидзайыл дæндаг сæттаг у. Ромео, уæхимæ ранкъуысдзынæ æви кæ? д!ах сы~ махмæ цæуæм сихор хæрыимæ. Ромео. Ныртæккæ уæ феййафын. М е р к у ц о. Хорзæй баззай, фыдæлтыккон синьорæ/ Хæрзбон! Д ы д ж ы з æ. Фæидараст, уæрагдих æрбау. / М ер ку цо æмæ Б енв оло ацæуынц. / Зæгъ-ма мын, сударь, чи у ацы нала^, йæхи зæх- хы бикъ æмæ комы дæгъæл чи æнхъæлы, уый? Ромео. Уый уæздан лæг у, фæлæ йæм ис иу .сахъат: уар- зы æрмæст йæхимæ хъусын æмæ сахат| цы адзура,. ууыл фæсмон фæкæны æнæхъæн мæй. ! Д ы д ж ы з æ. Кæд уый мæнæй загъта, уæд ын нæ батайдзæни, ныр цы мæйдзыд уасæджы хуызæн у, уымæй сæдæ хатты цыргъзонддæр куы феста, уæддæр. Æз ын фе- ныи кæндзынæн, зæрондыл куыд худгæ у, уый; кæд ын æй нæ фенын кæнон, уæддæр разындзæнис ахæм- тæ, чи йын æй фенын кæна. Æнаккаг хиппæлой! Ахæм ныхæстæ кæн уæхи хæдзарвæндаджы устытимæ, на- уæд де ’мнаккаг дзæгъæлхæтджытимæ! (Петрмæ.) Ай дæр мын хорз у. Къодахы лæуд скодта æмæ хæлиу- дзыхæй кæсы, алы цъаммар ын йæ хицау æхсинимæ,. цы йæ фæнды, уый куыд кæны, уымæ. П е т р. Æмæ æз куы нæма федтои демæ исты кæнгæ. Æз демæ ахæмæй ницы кæнын бауадзин, исчи исты фæнд кæны, зæгъгæ, уæд та мæ кард фæцъортт кæнын ба- зонин. Æз кардæй æвзæрдæр никæмæй архайын, йе сласынæн мын æфсон куы фæвæййы æмæ куы^фæзо- иьш, закъон мæ фарс уыдзæни, зæгъгæ, уæд. Д ы д ж ы з æ. О хуыцау, мæ бон нæма у ныр дæр мæхи æрсабыр кæнын, мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп цæуы! Æнаккаг хиппæлой! Ах, сэр, æз цæугæ бынтон æндæр хъуыд- 194
даджы тыххæй æрбакодтон. Ме ’хсин мæ, яæйдæр загъдау, куырдта базонын. Цы мæ куырдта, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сусæгдзинад у, фæлæ, сударь, кæд ды уымæй ахъазынмæ хъавыс, уæд уый, о сударь, уæд уый æвзæр хъуыддаг у. Уымæн æмæ ме ’хсин нырма бынтон æрыгон у, æмæ йæ куы фæсайай, хорз адæм афтæ нæ кæнынц, стæй дæуыл дæр нæ фидауы, мæрдтыстæн, нæ фидауы. Ромес|. Багъæц-ма, дыджызæ. Фыццаджыдæр, де ’хсинæн пакæн мæ номæй зæрдиаг арфæтæ. Баууæнд мыл... Дыджыззе. Сæмбæлын ыл æй кæндзынæн, дæ уд сызгъæрин феста. О, цинæй амæлдзæни! Ро мео. ) Цы йыл сæмбæлын кæнынмæ хъавыс? Æз нырма иу нывыл ныхас дæр куы нæма загътон. Д ы д ж ы з æ. ’ Æууæндын æй кæныс,—уый мердыгонау ахъаз- заг ныхас у. Ро мео. Зæгъ ын, цыфæады ’фсонæй дæр изæры Йæ тæригъæдтæ исынмæ куыд уа. Уым махыл азæр саргъаудзæн Лоренцо. Айс, уый та дын дæ фæллæйтты тыххæй. Дыджыз æ. Ныууадз-ма, цæй! Мæн мисхал дæр нæ хъæуы. Ро м ео. Айс, айс. Куы дæттой, исын хъæуы уæд. Дыдж’ыз æ. Мæ быгъдуан фод. Изæры уым уыдзæни. Ромео. Ды та-иу багъæц беридоны раз Æмæ дæм уым æрбахæсдзæнис иу лæг Бæндæнæй асин. Ууыл ацы ’хсæв Æз хъуамæ схизон рухс амонды цъупмæ. Дæ лæггад та мæнæй нæ уыдзæн рох. Хорз байрай ныр. Салам дæ хорз æхсинæн. Д ы д ж ы з æ. Фæрныгæй цæр. Æрбайхъус-ма мæм, сэр. Ро м ео. Цы ма зæгъыс? Д ы д ж ы з æ. Æууæнкджын лæг у де ’ххуырст? 195
Цæмæн ма хъæуы æртыккаг уæддæр? Æз иунæгæй уым са^æхсин хуыздæр. Ро мео. Нæ, ма тыхс, уый æууæнкджыи у, стæй фидар./ Д ы д ж ы з æ. Цæй, хорз, сэр. Ме ’хсин... О ме скæнæг /хуыцау... Сывæллон ма куы уыди... Æрбайхъус-ма, ш горæты ис иу лæппулæг, цавæрдæр Парие. Ме 'хсиь{ раст цы- ма уый амæттаг у. Фæлæ ме ’хсинæн уът йæхæдæг хæфсæй æнаддæр у, бауыриæд дæ, хæфсæи æиаддæр. Стай-туй мыл кæны, уымæй йын тынгдæр куы феп- пæлын, уæд, æмæ митау афæлурс вæйй^. Зæгъ-ма,. розмарин æмæ Ромео иу дамгъæйæ райдайынц? Ромео. Иуæй, о, дыджызæ. Æмæ цы зæгъинаг дæ уымæй?1 Дыууæ дæр райдайынц р-йæ. Д ы д ж ы з æ. Мæнæ цы худæг у! Уый куыдзы дамгъæ у. Ррр! Ры—уый хицæн хъуыддаг у. Дæуæн дæ ном афтæ нæ райдайы. Æмæ йæ зонын, ме ’хсин мысы цавæрдæр стихтæ дæуыл æмæ розмариныл. Куы сæ фехъусис„ дæ зæрдæмæ тынг фæцæуиккой. Ром^о. Салам де ’хсинæн. Д ы д ж ы з æ. О, мин саламы. Р о м е о ацæуы. Петро! Петр. Цы дæ хъæуы? Д ы д ж ы з æ. Айс веер æмæ тагъддæр уайгæ разæй. Ацæуынц. 5 СЦЕНÆ Капулеты дыргъдон. Вацæуы Дж у л ет тæ. Джулеттæ. Мæ дыджызæ йæм фарæстæмыл ацыд. Æрдæгсахатмæ раздæхинаг уыд. Кæд æй бынаты ие ссардта? Кæннод та 196
Фæндагыл кæд фæиппæрд йемæ? Нæ. Уæдæмæ къахæй тынг рæвдз нал у зæронд. Хыбар-хыбургæигæ цæуы кæмдæр. Зæрдæйы уарзтæн цумагæнæн хъуамæ Хъуыдытæ уой, раст хуры тынтау, рог, Тъæбæртт кæнынц æмæ сын нæй фæллайæн. I Гъеуымæн тæхы посты бæлон тагъд, |Стæй базырджыи гъеуымæн у Амур дæр. ^Фæлæ ныр хур мæ тæккæ сæрмæ ис, Æмбисбонмæ та фарастæй æртæ ис С^ахæттæ. Нæй мæ дыджызæ уæддæр. 0, уымæн ма йæ бон куы уаид уарзын, йæ туг ма тæвд куы кæнид, уæд мæнæй Мæ уарзонмæ, стæй уымæй та фæстæмæ— Раст портийы тахт мах æхсæн кæнид, Нæ фæндтæ нын кæрæдзимæ хæссид. Фæлæ зæронды монцытæ нæ хъæуы,— Тæхын та циу? Уый сабыргай фæцæуы. Бацæуы д ыдж ыз æ Петр имæ. Фæлæ-ма кæс... Мæ дыджызæ, мæ хур! Цы хабар дæм ис? Федтай йæ, цы? Арвит Дæ фæсдзæуины. Д ы д ж ы з æ. Уайгæ, фæсдуар лæуу... П ет р ацæуьи Д ж у л е т т æ. Мæ дыджызæ, æнкъард цæмæи дæ ды? Фыдхабæрттæ дæ хъуынтъыз хуызæй ма ’вдис. Кæд дæм æхсызгон хабар ис, уæд та Дæ хабары æнад кæныс дæ хуызæй. Д ы д ж ы з æ. / Ныффæлладтæн. Ысулæфон чысыл. Цæйбæрц фæуадтæн! Ме стджытæй фæмæлын. Д жул еттæ. Дæ хабæрттыл дын ме стджытæ нывонд. Æрмæст сæ дзургæ, ма мын сæтт мæ хъару. Д ы д ж ы з æ. Мæлæты тагъд нæ кæныс! О хуыцау, Мæ уд ысхауы, сулæфын мæ бауадз. Джулеттæ. Дзæгъæлы дзырдæн хорз улæфыс тынг! Охх, ме схæссæг, дæ хæрз цыбыр ныхае 197
Æппæты даргъдæр радзырдау куы нытътъанг! Нæ хъуыддæгтæ рæстмæ сты æви нæ? Æрмæст уый зæгъ, æмæ дæ ’нцад ныууадзон. Уæдæ мын зæгъ, рæстмæ сты æви нæ? Дыджызæ. Цы сты, уый зонæг дæхæдæг. Ссардта/мын ду- нейы хæзна. Æнæ мæн æй равзæрстай æмæ аххос — дæхи. Ромео! Цæй, цы дын кæнон. Цæсгоэдæй бæргæ у хорз, фæлæ йæ гуыры конд ноджы хуызДæр у. Йæ къæхтæм æмæ йæ къухтæм, кæй зæгъын !æй хъæуы, фау æрхæссæн ницы ис, фæлæ уæддæр цыфæнды рап- пæлдæй æппæлинагдæр сты. Æниу ма йыл цы дзу- рæм? Чызг, хуыцаумæ кувгæ! Сихор нæдоа бахордтат? Джулеттæ. Нæма... Æз уыдон раздæр дæр зыдтон. Чындзæхсæв та? Чындзæхсæвæй цы загъта? Д ы д ж ы з æ. О ме скæнæг! Цы рыст кæны мæ сæр! Къæс-къæс кæны æмæ тъæппытæ хауы. Мæ фæсонтæ, мæ чъылдымы стæг, охх! Хуыцау дын æй нæ ныббардзæни, багъæц, Мæлæтдзаг мæ кæй фæкодтай, чызг, уый. Джулеттæ. Дæ фæрыст тынг хъыг у мæнæн, фæлæ Цы загъта ног, мæ сызгъæрин дыджызæ? Д ы д ж ы з æ. Хæларзæрдæ, рæсугъд æмæ, сæйрагдæр, æгъдау- джын адæймагæн куыд æмбæлы, афтæмæй загъта... Дæ мад кæм и? , Джу л еттæ. Мæ мад кæм и? Нæхи хæдзары ис. Уæдæ кæм уа? Цы сæрхъæн дзуапп мын радта; Æгъдауджын адæймагау загъта уый: «Дæ мад кæм и?» Д ыд жыз æ. О ме сфæлдисæг! Мæнæ Цы ’нæнцой ис! Мæ зæронд къæхтæн мын Сæ фæллад хорз æруадзын кодтай, бузныг! Дæ фыстытæ-иу хæсс дæхæдæг ныр. Джул еттæ. О хъизæмар! Цы дын загъта Ромео? Д ы д ж ы з æ. Дæ тæригъæдтæ уадзынмæ цæуыс? 198
Д^ку л еттæ. Цæуын. Дыджызæ. Тæхгæ Лоренцойы ныккæндмæ. Дæ мой дæ скæндзæн уым йæхицæн ус. Кæсут-ма; туг куыд ныццавта йæ рустæм! Сырхуадул фестад æнгуылдзы уындмæ! Цу аргъуанмæ. Мæнæн та ис æндæр куыст: Бæндæнæй асин искуы хъуамæ ссарон Æмæ йыл ахсæв схиздзæни дæ уарзон. Зæронды куыстæн ничи кæны аргъ. Дæуыл дæр ахсæв сæвæрдзысты саргъ, Джулеттæ. Цæуын, цæуын, мæ удæнцой. Хорз байрай. Ацæуы. 6 СЦЕНÆ Бери Лоренцойы ныккæнд. Бацæуынц бери Л о р енцо æмæ Р о мео. Бери Лоренцо. Уæ бафидыд уа хъуамæ кадæй, радæй. Фæстæдæр уæм куыд никуы ’рхауа маст. Р о м е о. Хуыцау зæгъæд! Æниу æрцæуæд маст дæр. Мæ хуримæ цæстфæныкъуылдмæ æз Цы цин фенон, цы мын у уый раз маст? Ды махæн кувгæ баиу кæн нæ йъухтæ, Стæй ралæууæд мæлæт дæр. Æз цæттæ дæн, Æрмæст Джулеттæ иу мипут мæн уæд. Бер,и Лоренцо. Æхсидаг монцтæи маст вæййы сæ кæрон. Сæ уæлахиз сæ мæлæтыл у баст. Раст топпыхос куыд иу вæййы зыигимæ, Фырадджын æмæ маст куыд вæййынц иу, Мæлæтимæ æхсидгæ монц дæр афтæ. Æгæр хардз ма кæн, ма дæр у чъынды. Рæстæмбисы рæстдзинад агур ды. Бацæуы Джу л е т тæ. Фæзындис мæнæ. А къæйтыл нырма Иæ лæууыд никуы адон хуызæн рог къах. 199
Куы уарза уд, уæд дзы нæ вæййы уæз,— Фæтæхы раст хæлуарæджы æндахау. Джул еттæ. Салам дæуæн* нæ хорзаудæг фыд! Бер.и Лоренцо. Дыууæйы номæй бузныг зæгъ, Ромео. Ром ео. Зæгъ-ма, Джулеттæ, амондæй цымæ * Дæуæн дæр афтæ рухс у ныр дæ зæрдæ? К#д афтæ, уæд нæ дыууæйы бæсты Иыхæстæ ссар рæсугъд æмæ, нæ риуты Цы бирæ цин и, равдис уый тыхджын. Д ж у л е т т æ. Цæмæн? Нæ уарзт ныхæстæй дзургæ нæу. Нæ зæрдæтæ йын зонынц аргъ сæхæдæг. Стæй рухс амонд мæ риуы уыйбæрц ис, Æмæ мæ бон нæу радзурын мæнæн дæр. Бери Лоренцо. Цом, цом. Ныртæккæ саргъауын хъæуы. Уæ баиу кæнын ме стырдæр хъуыддаг у, — Ам хибарæй уæ ныууадзын тæссаг у. Ацæуынц.
IСЦЕНÆ Фæз. Ьацæуынц Меркуцо,Бенволо, цумайы лæппу æмæ фæсдзæуинтæ, Бснболо. Дæ хорзæхæй, Меркуцо, иуварс цом, Тæвд бон у. Уынгты зилынц Капулеттæ.' Куы фембæлæм, уæд та уыдзæни загъд, Æнтæф бон туг цæджджинагау æхсиды. Мер куцо. Ис ахæм хъæбатыртæ, цæлгæнæнмæ куы бафтынц, уæд афтæ чи скувы: «Хуыцау, мæ карды сæр мæ куыд никуы бахъæуа!» æмæ фынгыл æрæвæрынц сæ кæрд- тæ. Фæлæ куыддæр дыккаг нуазæн ахырхынц, афтæ уырдыгыстæджы рæтъузын байдайынц, цыма аххос- джын уый у. Раст мæм гъеуыдонæй иуы хуызæн кæ- сыс ды дæр. Б е ’Н й о л о. Ахæм дæн, ау? М е р к у ц о. Гъе, мæ лымæн, æппæт Италийы дæр не ссардзы- нæ дæуæй цыбырхъуырдæр адæймаг. Куыддæр дæ ис- чи фæцагайы — уайтагъд рафыцыс, куы рафыцыс, уæд та алкæй къуырдтытæ фæкæныс. Б е н в о л о. Ныр цытæ дзурыс? М е р к у ц о. Уæдæ нæ? , Ноджы ма йыл дызæрдыг кæныс? Ау, йæ зачъейы дæууонæй иу æрду фылдæр, кæнæ къад- дæр кæмæн ис, уыдоны дæ хъæлæсы куы ахæссыс,. 201
науæд каштантæ хæргæ кæй феныс, уыдонмæ лæбур- гæ куы фæкæиыс, дæ цæстытæ каштанау морæхуыз кæй сты, уый тыххæй. Сæрымагъз айчы бурау æм- бырд вæййы, дæуæн та æрдæгфых айкау схæццæ ис дæ æрвылбоны загъд-заманайæ. Айфыццаг иу лæ- джы нæ ныххостай, дæ къæбыла уынджы зстæу фы- нæй куы кодта, уæд дын æй йе ’рæхснырстæй кæй райхъал кодта, уый тыххæй? Науæд дзабырхуийæгыл нæ абырыдтæ, куадзæнæй дыууæ боны раздæр ног цырыхъхъытæ кæй скодта, уый тыххæй? Кæнæ иу кæуылдæр иæ богътæ кодтай, йæ пог басмахъытæ зæ- ронд бæттæнтæй кæй бабаста, уый тыххæй. Æмæ ахæм мæн сабырдзннадыл ахуыр кæны! Бе<нвол о. Æз дæуау загъдкъахæг куы уаин, уæд мæ цард фæдзæхстадмæ раттин æмæ сахат æмæ фынддæс ми- нутмæ исты рамбулин. , Маркуцо. Ныффæдзæхсид йæ цард! Ехх, минутмæ фыцæг! Бенво л о. Хæрын дын ард мæ сæрæй, уартæ Капулеттæ. Меркуцо. Хæрыи дын ард мæ зæвæтæй, уый мæ хъуыддаг нæу. Бацæуынц Т иб а лт æмæ чид æ рт æ. Т и б а л т. Хæлæрттæ, ардæм. Адзурои æз семæ. Хорз адæм, мæн зæрдиагæй фæнды Зæгъын уæ иуæн иу-дыууæ ныхасы. Меркуцо. Дыууæ ныхасы? Нæ иуæн? Æидæр ницы? Исты- ма сæм бафтаут. Зæгъæм — иу цæф. Т и б а л т. Табуафси, æз цæттæ дæн, æрмæст мын æфсон æри. Меркуцо. Уæууа, гормон, æмæ дæхи бон нæу æфсон ссарын? Т и б а л т. Меркуцо, ды Ромеоимæ раст иу хъæлæсæй зарыс. Меркуцо. Иу хъæлæсæй? Гъы! Уый та куыд æмбаргæ у? Алы бæстæтыл зилæг музыкантты къорд нæ скæнын- мæ хъавыс? Кæд дæм ахæм хъуыды ис, табуафси. Мæнæ дын мæ фæндырæн йе ’рдын. Кафын нæ — 202
хъылдымтæ дæр ма дæ скæнын кæидзынæн, Уый дын диссаг! Иу хъæлæсæй зарын! Б е ’Н в о л о. Дзæгъæлы кæнæм уынджы астæу хъаугъа Кæнæ фæйнæрдæм апырх уæм, кæнæ Æнæбыцæу, æнæзамана дзурæм Нæ хъуыддагыл. Фæйнæрдыгæй кæсынц. "Меркуцо. Æмæ кæсæнт, цæйбæрц сæ фæнды, уыйбæрц. Цæстытæ ма цæмæн вæййынц уæдæ? Æз ардыгæй нæ фезмæлдзынæн никæд. Бацæуы Ромео. Т и б а л т. Ныууадзут,— уартæ, чи мæ хъæуы, уый. Меркуцо. Æцæг зæгъыс? Æмæ дзы уæд цы кæныс? Æвæццæгæн, хæцгæ куы кæнай, уæд Цæмæй дæ сæрыл йе ’хсаргард æрсæрфа. Т и б а л т. Ромео, æз дæумæ куыд хæрам дæн, Уый ис зæгъæн дыууæ дзырдæй: «Цъаммар дæ». Ромео. Дæу уарзынæн мæ риуы аххосис Æмæ дын уый дæ хæрам ныхас бары. Тибалт, æз дын цъаммар нæ дæн. Хæрзбон. Æнхъæлдæн, ды æппындæр мæн нæ зоныс. Т и б а л т. Дæ фенын дæр куыд уæнгæл у мæнæн, Куыд маст мын у, уый нæй зæгъæн ныхасæй. Фæстæмæ раздæх æмæ слас дæ кард. Р омео. Нæ дæ ды раст, нæ бафхæрдтон дæу никуы. Рæхджы та дæумæ фехъуысдзæн хабар, Хæстæджытæ нæ чи екæндзæн. Хæлæрттæй Хæрзбон зæгъæм кæрæдзийæн, Тибалт. Нæ зоныс ды, куыд адджын дæ мæ удæн. Мер’куцо. Фæлмæн, æлгъаг, тæппуд зæрдæйы уаг! Иæ худинаг ын хъуамæ ныхсон тугæй. Кæдæм фæлидзыс, мыстахсæг Тибалт? (Йæ кард ласы.) 203
Т и б а л т. Лæппу, æмæ дæу та мæнæй цы хъæуы? Меркуцо. Дæ фараст цардæй иу, гæдыты паддзах, цæмæй дын уыйфæстæ иннæты дæр ратæрон дæ риуæй. Слас дæ кард йæ хъусæй, цалынмæ дæхи хъустæй ахст ие ’рцыдтæ, уæдмæ. Т и б а л т. Табуафси, цæттæ дæн æз дæ ныхмæ. (Сласы йæ кард.) Ромео. Ныууадзут, цæй, дæ кард цæвæр, Меркуцо! Меркуцо. Мæ хæлар, цæй, дæ даргъ риуыгъд кæм и? (Хæцынц.) Ромео. Кард сис, Бенволо, æмæ сын еæ къухтæй Къуыргæ сæ кæрдтæ! — Худинагуыи фод! Тибалт! Меркуцо! Бафснайут уæ кæрдтæ! Хæцынæн уынджы герцогæй нæй бар. Ныууадз, Тибалт! Меркуцо! Ромеойы дæлæрмтты Тибалт барæхойы Меркуцойы æмæ алидзы йе’мб æ лттимæ. Мер ку цо. Уæуу, фæцæф дæн! Рьш бафтæд, рыи уæ дыууæты мыггæгтыл! Фæирвæзы æдзæфæй? Беяволо, Стыр цæф у? Цъæррæмыгъд у Фæлæ мæ фаг у уый дæр. Лæппу, кæм дæ’? Цу, дохтырмæ мын суай. Паж ацæуы. Ром ео. Фæхæц дæхиуыл, тыиг арф цæф куы иæ у. М е р « у ц о. Уæдæ, уæдæ, цъай арфдæр у æмæ аргъуаны дуар уæрæхдæр у. Фæлæ уый дæр æгъгъæд у. Фæдзур мæм райсом æмæ дын зæгъдзысты, зæгъгæ, уый дугъы 204
уайынæн нал бæззы. Ацы дунейыл цæрьшæн нал дæн ныр æз. Рын бафтæд, рын уæ дыууæты мыггæгтыл! Ах, уыцы куыдз, уыры, гæды, мыст! Лæджы мæлæт- дзаг тынд ныккæн! Æдзæсгом æмæ чъизи тæппуд! Кардæй хæцын сахуыр кодта чингуытæм гæспæ! Ды дæр дæлимонау кæ^æм бакуыси дæ не ’хсæн? ,Дæ дæ- лæрмтты мæ ’рбарæхуыста кардæй. Ромео. Фæпдыди мæн уæ иргъæвын æрмæст. Меркуцо. Кæпгæ мæ тагъддæр агъуыстмæ, Бенволо, • Мæ туг фæцыд æмæ тыхджыи тыхсын. Рын сыстæд, рын уæ дыууæты хæдзæрттыл. Кæйдæр фыдæй мæ сæр фæуыдзæн ныр Къуыдыр кæлмыты сихойраг, ай-гъай! Рын сыстæд, рын уæ дыууæты хæдзæрттыл! Б е нв о ло акæны М е р к у цо йы. Ро м ео. Меркуцо, ме стыр хорз хæлар, фæци Мæп тыххæй цæф. Мæн бафхæрдта Тибалт, Сахат раздæр хæстæг кæимæ бадæн. Дæ рæсугъд мын æгæр сæтты мæ тых, Æгæр мыи кæны барынтæ Джулеттæ. Б е нв о ло баздæхы. Бе’Н’ВОло. Меркуцойы зынг ахуыссыд, Ромео. Зæххыл æлгъгæнгæ ауыгъта йæ къух Æмæ дзæнæтмæ йе ’дæрсаг уд атахт. Ромео. Æнамоид бон! Æиæнхъæлы лæгмард Нæ сомбонæн фыдбылызы нысап у. Баздæхы Т иб алт. Беиволо. Кæс-ма, фæстæмæ ’рбаздæхы Тибалт. Ром ео. Æрбаздæхы, дзæбæх æмæ цытджынæй? Уый та фæмард? Ныхъхъус у, зæрдæ, цæй! Æхсидгæ маст, æз амæй дарддæр — де ’мбал! — Тибалт, цы «цъаммар» загътай ды мæнæн, Дæхи уæд уый. Меркуцойы уд дардмæ Нæма атахт æмæ йæ фæдыл ды 205
Ны’ртæккæ хъуамæ хъузояæн фæраст уай. Ды кæнæ æз — мæлинаг у нæ иу. Т и б а л т. Ды, ды æрмæст. Æмдзæхдон уыдтæ йемæ, Æмæ йын хъуамæ хъузон дæр ды уай. Р о м е о. Уæдæ кæрдтæй лыггæнгæ у нæ фарста. Хæцынц. Тибалт æрхауы. Б е <н в о л о. Ромео, лидзгæ! Тагъддæр! Адæм зилынц Ыæ фæйнæфæрсты. Мард фæци Тибалт. Дæуæн ныр тас у марыны тæрхонæй. Цы-ма лæууыс? Ныртæккæ лидзгæ, тагъд! Р о м е о. Мæнгард хъысмæт! Б е н в о л о. Цæмæ-ма кæсыс? Лидзгæ! Р омео ацæуы. Бацæуынц чидæртæ. Веройнаг. Кæдæм фæлыгъдис абырæг Тибалт? Меркуцо бабын. Марæгыл æрхæцут. Б е*нвол о. Тибалт уын мæнæ. Веройнаг. Хъусын дын кæнын: Закъонмæ гæсгæ ахст дæ. Сэр, мæ фæдыл.. Бацæуынц г е р цо г йæ фæсдзæуинтимæ, Монт ек, Кйпу л ет, сæ у стыт æ æмæ иннæт æ. Г е р ц о г. Ам кардæй хæст кæй аххосæй фæзынд? Бейволо. Нæ кадджын герцог, загъдæн аххос чи уыд, Бар ратт, æмæ йæ радзурдзынæн æз. Ам амардта Меркуцойы Тибалт Æмæ Тибалты амардта Ромео. Леди Капулет.' Тибалт! Мæ мадызæнæджы хъæбул! О кадджын кънйаз, мæ фæрстæ мæстæй тонынц! Мæ хæстæгæн ныккалди ам йæ туг 206
Æмæ йæ райс, нæ кадджын, кънйаз, Монтектæй! Йæ марæг уæртæ, цъаммæртты фыддæр! Гер цог. Бенволо, радзур, чи райдыдта хъаугъа? Бе’Нйоло. Тибалт. Йæ марæг та Ромео уыд. Ромео йын пыххатыр кодта й ’аххос,— Канд хатыр нæ,— цæйбæрц уыди йæ бон, Гъеуыйбæрц ыи лæгъстæтæ дæр ма кодта, Зæгъгæ, ныссабыр у. Фæлæ Тйбалт Нæ са’быр кодта, кардæй йæм лæбурдта, Иæ^пырх ныл калдта. Уалыимæ Меркуцо Æрбамæсты, æмæ уæд стынг и хæст. Фæхæцыдысты тынг бирæ æмдыхæй, Сæ кæрдты ’хсæн Ромео цъилау зылд, Лæгъстæ сын кодта: «Ма кæнут, ныууадзут!» — Фæлæ фыддæрмæ рауадис йæ хъавд: йæ дæлæрмтты рæхуыст æрцыд Меркуцо. Тибалт фæлидзæг, хъавыди, бæлвырд, Æмбæхсынмæ, фæлæ та ног æрбаздæхт. Ромеомæ фæкасти хардзау уый< Æмæ дзы мур нæма бамбæрстон, афтæ Дзыхъмардæй зæххыл аззади Тибалт, Ромео та йæ сæрæмбæхсæг алыгъд. Гъе, афтæ рауад хъаугъа æмæ хæст. Мæ пыхæсты рæстдзинад ис æрмæст Леди Капулет. Мæнг дзуры уый, сæхион у Монтектæн, Сæ фарс хæцы, фæливгæ кæны уый! Æгас мыггаг æм ракалдысты ссæдзæй Æмæ Тибалтæн аскъуыдтой йæ цард. Ромео ныр мæ туджджын у, æрцахс æй Æмæ закъонæй хъуамæ ’рцæуа мард! Г е р цо г. Бæлвырд, Ромео амардта Тибалты, Меркуцойы та амардта Тибалт,— Æз та мæ туг кæмæй- райсон, зæгъ-ма мын? М о н т е к. Ромеойæ. Уый йе ’фсымæрау уарзта Меркуцойы: уый йе ’мгары маст райста, Тибалт йæ къухæй уый тыххæй фæмард. Ге р цог. Æмæ йæ уыцы хивæид мимæ дард Æрцæудзæн хаст йæ райгуырæн хъæубæстæй. 207
Уæ хæрамæй фæмæстджын дæн æз дæр: Мæ хæстæджы туг акалди уæ фыдæй. Кæй фыдæй ма фæзына хъаугъа ныр, Хæрын уын ард, нæ йын уыдзæн хатыр. Æгъгъæд хæцут, уæ кæрæдзи цы тонут? Уæ хорзæхæй, ныууадзут. Фæлæ зонут: Кæд ма хъæуы Ромеойы йæ цард, Цæугæуæд тагъд йæ хасты раимæ дард. Ныр — иуварс фæзæй! Мард — хæсгæ. Лæгмарæн Хатыргæнæг йæхæдæг дæр лæгмар у. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Капулеты дыргъдон. Бацæуы Джу л еттæ. Джу л еттæ. Тæхут, æрвон зынгбазыр бæхтæ, тагъддæр НыгуЬшæнмæ. Куы уаид Фаэтон Уæ тæрæг, уæд уæ фæндаг ныр фæуд уаид Æмæ уæд уаид дунейыл мæйдар. О уарзты ’хсæв, дæ сау пæлæз æрытау, Дæ хуыссæг бафтау адæмыл, цæмæй Фьшæй кæной æнцад, æмæ Ромео Æрбаирвæза талынджы фæрнæй. О, уарзæттæн сæ цæстытæ куы есудзынц, Уæд уыдон рухсмæ алцыдæр уынынц,— Куырмæджы дæр уырзтæй кæрæдзи ссарынц. О саумылаз, зæрдæрайæн ’æхсæв, Æрцу æмæ мын бацамон, мæ цардныв Хæрзамондмæ куыд ивгæ у, стæй тагъд Куыд батайдзæн мæ рыст зæрдæйы сагъæс. Æрæмбæрз мын, тæссæфсæрмæй мæ туг Куыд фыцы, уый, æмæ мын ног ныфс бавæр, Мæ сыгъдæг уарзт кæй не ’руыдзæн мынæг. Æрцу, мæйдар! Æрцу, мæхи Ромео, Нырттив, мæ рухс хур, талынджы, цыма— Сынты сисыл цæхæртæ калæг халас! Æрцу æмæ Ромеойы æрбахон! Æри мын æй; куы амæла, уæд та йæ Лыстæг ыскæрд ыстъалыты хуызæн Æмæ сæ срухс кæн арвы риу, уæд адæм Дæу уарздзысты сæ хурбонæй фылдæр. 208
Уыди мын уарзынæн хæдзар, цæргæ дзы Нæма кæнын, фæлæ мæ фæнд уыд конд, Ныр хъавынц мæн уæй кæнынмæ æндæрæн, Æмæ нынкъард мæрддзыгойау мæ бон. Охх, ме схæссæг хабаримæ фæзынди. Ромеойæ мын хорз хабар зæгъæд — Мæ риумæ уæд уæларвон хур ныккæсдзæн. Бацæуы д ыдж ызæ æд бæндæнтæ. Цы хабæрттæ ис, ме схæссæг? Цы сты? Ах, асинтæ? Д ы д ж ы з æ. О, асинтæ! (æрæппары сæ зæхмæ). Джулеттæ. Зæгъ-ма мын: Цы ныл æрцыд? Цæуыл кæныс кæугæ? Дыджыз æ. Æнамонд бон! Фæмард, фæмард, фæмард и.,. Зынгхуыст фæци, синьорæ... Охх, зынгхуыст! Кæуинаг бон! Мæрдтæм æдзардæй бацыд. Джулеттæ. Ау, зæдтæм дæр æппын рæстдзинад нæй? Дыджызæ. Цæй зæдтæ, цæ? Дæхи уарзон, Ромео. Æз та, сæрхъæн! Æнхъæл та чи уыд уый? Джу л еттæ. Цæмæн мæ марыс хъизæмарæй, хæйрæг,— Зындонæй æз зындæр ран куы дæн, уæд? Р1æхи йæхæдæг амардта Ромео? О æви нæ? Куы зæгъай «о», уæд мæ Фæмард кæндзæни залйаг калмы маргау. Куы зæгъай «о», уæд нал уыдзынæн æз, Ныры хуызæн уæд никæд уал уыдзынæн. Зæгъ «о» йе — «нæ», сæ иу куы зæгъай, уæд Цæрдзынæн æз, йе — ссардзынæн мæлæт. Д ы д ж ы з æ. Йæ хъæдгом дæр ын федтон. Мæнæ ахæм. Йæ риуы, ам. Куыд тæригъæд у, куы! Кæнæ дзы цас туг рацыди! Лæсæнтæ! Куыд ныффæлурс и, миты къæрттау раст. Куы йæ федтон — мæ бон сыбыртт дæр нал уыд. 34 Шекспир 209
Джулеттæ. О зæрдæ, баруай! Цæстытæ, уæхи Æрæхгæнут! Сæрибарæй æмбæхсгæ! Сыджыт та фест, буар. Иу чырыны дæу Ромеоимæ дæлсыджыт фæкæнои. Дыджызæ. Тибалт! Тибалт! Мæ чысыл хур, Тибалт! Цы дзырдарæхст, цы хæрзæгъдау лæппу уыд! — Дæ фæстæ ма цæмæн цæрын зæххыл? Джулеттæ. Куыд, ноджы ма ныл саудæр бон ныккодта? Ромео — мард, Тибалт дæр фæци мард? Мæ мойаг нал ис, ме ’фсымæр дæр нал ис? Уæдæ цæмæн нæ ныдздзыназы арв? Чи ма у ’гас, кæд ахæм лæгтæ иал ис? Дыджызæ. Фæмард Тибалт, Ромео та у хаст. Ныррæхуыста Тибалты æмæ хаст у. Джулеттæ. Хуыцау! Ромео амардта Тибалты? Д ы д ж ы з æ. О, о! Æнамонд бон! О, уый у марæг. Джулеттæ. О калмы зæрдæ, дидинджыты ’мбæхст! Чызгæн йæ уд цагъаргæнæг дæлимон! Зындоны гуырдæн рухс зæды цæсгом! Бæлон нæ — сынт! Уæрыччы цармы бирæгъ! Зæрдæйæ чъизи, бакастæй — хуыцау. Мæигард æмæ сыгъдæг уд иумæ коид! О æрдз, цы ма ныууагътай ныр зындонæн, Кæд ахæм сау дæлимрны зæр/тæ,< Цæстфæливæг рæсугъдæн радтай, гъеуæд? Цæмæн фæкæнынц, мисхал дæр хъуыды Цы чиныджы нæ вæййы, уымæн хорз аргъ? Рæсугъд, сызгъæрии галуаны цымæ Цæмæн æрцæры сайæгой фæлитой? Д ы д ж ы з æ. Нæ, нæлгоймæгтæй иунæгмæ дæр ма ’нхъæл Нæсгом дæр æмæ намыс дæр. Фæлывдтæ, Мæнгæрдтæ сты, фæлитойтæ æрмæст. Арахъхъы иу хуьшп! Ацы стыр бæллæхтæй Мæ зæрдæ скъуийдзæн. Худинаг ыи фод Ромеойæн! 210
Джулеттæ. Æлгъыст æрбауæд де ’взаг! Ромео нæу фæхудииагæн гуырд. Æгад йæхиуыл никæдбон æруадздзæн! Нæй иу къæм дæр йæ цæсгомыл,— уый у Йæ кадджын бадæп намысæн. Æвзæр дзы Кæй загътон, уымæй азымджын дæн æз. Д ы д ж ы з æ. Уæдæ Тибалты марæгæй æппæлай? Джулеттæ. Æмæ дзы хъазт куыд ракæнон æниу? Мæ мæгуыр лæг, тæригъæды ныхас ма Кæм фехъусай, дæ ус дæр дын æй кæд Нæ зæгъы, уæд? Æниу, лæгмар дæ ды, Мæ мады мын æнæ ’фсымæр фæкодтай!— Фæл&, цымæ хуыздæр уыдаид, уый мын Ромеойы куы амардтаид, уæд? Мæ цæссыгтæ, уæ бынæттæм ыздæхгæ! Уæ раны не стут. О мæ цæстытæ, Уынут фыццаг хатт рухс амонд рæдыдæй. Мæ мой æгас у. Хъавыди Тибалт Йæ марынмæ. Фæлæ Тибалт йæхæдæг Æрцыди мард. Æппæтдæр рауад хорз. Уæдæ цы кæуын? Фехъуыстон æз иу дзырд: Тибалт фæмæрд, æгъгъæд маст уыди уый. Бæргæ куы ферох уаид, фæлæ риуы Фыдгæнæджы фæсмонау арф ныссагъд: «Тибалт фæмард, Ромео та ис хасты», Гъеуыцы дзырд. «Ис хасты». Ахæм мыр Зындæр у бирæ мии Тибалты мардæй. Æгъгъæд уыди Тибалты мард, бæргæ. Фæлæ кæд мастæн иунæгæй æнкъард уыд Æмæ йæ хъузæттæ хъуыд, уæд мын зæгъ Мæ мад кæнæ мæ фыды мард, кæнæ Сæ дыууæйы мард. Бауромин уый дæр. Фæлæ Тибалты мардыл бафтау ды Дзырдтæ «Ромео хаст у» — уæд æгæр у, Уæд мард цæуынц мæ мад æмæ мæ фыд, Тибалт æмæ Ромео, стæй Джулеттæ. «Ромео хаст у»— мастæи нæй кæрон Æмæ дзы бастад рыст зæрдæ бынтон.— Зæгъ-ма, мæ мад æмæ мæ фыд кæм ысты? Д ы д ж ы з æ. Кæуынц Тибадтыл, не ’нцайынц сæ тыхстæй.
Нæ сæм дæуыс? Фæкæсдзынæн дæм æз. Джулеттæ. Нæ хъæуы» бузныг. Акæуæнт сæхæдæг. Ромсойы иæ раздахдзæн цæссыг. Фæлæ-ма зæгъ, цæмæн ма ис мæ разы Хæрз дзæгъæлы ныр ацы бæндæн-асин? Кæмæи æмæ цы хъуыддагæн хъæуы Идæдз кæй дæн, æнæуи зоиын уый. Цу, ахæсс æй. Æз сынтæгыл хуысдзынæн, Мæ лæгмæ иал — мæ мæлæтмæ уыдзынæн. Д ы д ж ы з æ. Дæ уатмæ цу. Ромеойы бынат Æз зонын. Ма ку. Ссардзынæн æй тагъд Æмæ дæм æй æрхондзынæн изæры. Уый беридоны ис. Æз æм цæуын. Джулеттæ (къухдарæн æм дæтты). Гъа, уый йын бакæн йе ’нгуылдзты кæстæрыл Æмæ йын зæгъ: «Сæумæйыл мæм фæзын». Ацæуынц. 3 С Ц Е Н Æ Бери Лоренцойы ныккæнд. Бацæуы б е р ы Л о р е н ц о. Бери Лоренцо. Ромео, рацу. Рацу, цæй, æпамонд. Дæ сагъæс дыл иыйичъи ис. Дæ ус Дæ сагьæс у. Рацæуы Р о м е о. Ромео. Нæ фыд, цы ис хабарæй? Цы стæрхон кодтой? Цавæр бæллæх ма Æрцæуииаг у ноджыдæр мæ сæрыл? Бери Лоре’нцо. Дæ бæллæхтæ хæрзтæм цæуынц дæуæн. Æрхастои дын нæ герцоджы уынаффæ. Ромео. Уый хъуыддаг карз тæрхондоимæ дæтты? Бери Лорснцо. О, нæ, цæмæн? Фæлмæндæр у йæ тæрхон. Мæла-т æй ма ’пхъæл, хаст уыдзыиæ ды. Ромео. Куыд хаст? О, нæ! Нæ, нæ, тæригъæд бакæ! Мæлæт хуыздæр у! Ахæссын мæнæн —
Зындæр мæлæтæй. Ахасты кой ма скæн! БериЛоренцо. Мæ хур, ды дæ Веронæй хаст æрмæст: Амал дзы нæй. Нæ дуне та — парахат. Ромео. Вероиæй дарддæр дуне нæй мæнæн: Æрмæст зындоиы хъизæмæрттæ, тухи! Мæн цардæй арвит, йе— мæлæтмæ ратт, Уым иуиæг мисхал хъауджыдæр иæ уынын. Ды хасты кой куы фæкæныс мæнæи, Уæд мын цыргъ фæрæт тæбæгъыл фæдæттыс, Цæмæй мын худгæ акъуырай мæ сæр. Бер,и Лоренцо. Æбузныг куыдз! Закъонмæ гæсгæ хъуамæ Æрцæуис мард, фæлæ дын баззад цард. Æмæ куырм дæ, куыд нæ уыныс дæ хорзæх? Ро мео. Цæй хорзæх у? Уый маст райсын у. Арв Рæсугъд æрмæст, Джулеттæ кæм уа, уым у. Куыдз, мыст, цыфæнды къаниæг цæрæгой Сæрибар у Джулеттæмæ кæсынæн, • Ромео та нæу. Фаджысы хъæндил Фылдæр ласы æмæ йæ кад фылдæр у Дæуæй, Ромео,—уымæн радтой бар Джулеттæйы сæнтурс къухтæ сæрфынæн, Æмæ йæ былтæй хорз арфæтæ исы, Ромео та иæ. Уымæн уый бар нæй. Уый хаст лæг у, сты бындзытæ та барджын. Æмæ, дам, хаст мæлæты тæрхон нæу! Дæ уыцы сайæн аргъæутты фæлтау мын Марг ратт, кæнæ мæ аргæвд, уæд хуыздæр! Æндæр бæстæм! Æидæр бæстæм фæсурыи — Уый зындоны фыддæр хъизæмар у, Æмæ ды, бери, м ’ахуыргæнæг, зондджыи, Ды рахуыдтай æндæр бæстæм хаст мæн? Бер.и Лорёнцо. О бауарзæг сæрхъæн, зæгъын мæ бауадз. Ромео. Мæ хасты тыххæй та куыд дзурай ног! Бер,и Лоренцо. Æз дын дæ уавæр фенцондæр кæндзынæн. ’ Æрвыет лæгæн йæ уавæры вæййы Йæ сагъæстæ сæттæнхос философи. 2\:\
Ромео. Уæддæр та ’рвыст! Нæ, уый хуыздæр хос нæу. Нæ мын сараздзæн уыцы философи Джулеттæйы. Нæ дзы фæцуддзæн къул, Иæ бынатæй нæ фезмæлдзæни горæт, Стæй н ’аивдзæн мæ тæрхон. Философи. Мæ хъуыддаджы æххуысхъом нæу мæнæн. Бер,и Лоренцо. Æвæццæгæн, уæд сæрхъæнтæ къуырма сты. Ромео. Сæрхъæн къуырма у, зондджын та куырм у. Бери Лоренцо. Цæй, адзурæм дæ хъуыддагыл фæлтау. Ромео. Цы не ’мбарыс, сыбыртт дæр ма кæн ууыл. Мæнау æвзонг куы уаис ды, куы уарзис Джулеттæйы, дæ саргъуыды уæлхъус Дæ къухæй мард куы ’рцыдаид Тибалт, Мæиау фæсмон куы ’ркодтаис, стæй хасты Куы цæуис ныр, уæд бамбарис. Уæд ды Дæ сæрыхъуын бæргæ бындзыггай тонис, Стæй пъолыл ам къуыбылæйттæ кæнис Æмæ дæхицæн марды чырын курис. (Дуар хостæуы.) Бери Лоренцо. Дуар хостæуы. Ромео, рабад. Бамбæхс. Ромео. Цæмæн? Цы ран ма бамбæхсон, ныр дæр Æмбæхст куы дæн æнкъарддзинады къултæй. (Хостæуы.) Бери Лоренцо. Нæ хъусыс, цы, куыд тынг хойы? — Цæуын. (Хостæуы.) Уый чи дæ? Багъæц.— Сыст, миййаг дæ ахсынц. (Хостæуы.) Цу кæсæндонмæ. Охх, куыд хивæнд дæ! — Ныртæккæ, о. Фæхъæц чысыл æрхъæцмæ. Цæй, чи дæ? Стæй кæй агурыс? Кæцæй? Дыджызае (фæссценæйæ). Дуар бакæнут æмæ мæ фенат. Æз 214
Джулеттæйы дыджызæ дæн. Бери Лоренцо. Æгас цуай! (Бацæуы д ыдоюызæ.) Д ы д ж ы з æ. Нæ сыгъдæг фыд, зæгъ-ма, кæм и Ромео, Ме ’хсины лæг? Бери Лоренцо. Йæ цæссыгтæй фæрасыг Æмæ ныддæлгом иъолыл мæнæ ам. Д ы д ж ы з æ. Æмбисæндтæ! Куыд иу митæ кæнынц! Раст халдихтæ. Бери Лоренцо. Кæд иу низæй хъæрзынц Сæ зæрдæтæ. Д ы д ж ы з æ. Нæты, дзыназы уый дæр Раст ай хуызæн. Хуыссы æмæ кæуы.— Фæлæ дæуæн нæу афтæ кæнгæ, никæд. Уæлæмæ, хицау, рабад. Ды лæг дæ, Нæ фидауы. Ромео. Охх, хорз ус! Д ы д ж ы з æ. Уый дыи «охх». , Мæлæтæй ничи фервæздзæи дунейыл. Ром ео. Джулеттæйы кой мын кæныс? Куыд у? Цы кодта? Мæи, бæлвырд, фыдгæнæг хондзæн? Ныккалдтон ын йæ хорз хæстæджы туг Йæ зæрдæйы. Хъæрзгæ, миййаг, нæ вæййы? Куыд у йæ цард, кæнæ цы ран и ныр? Нæ фидыды тыххæй ма дын цы загъта? Д ы д ж ы з æ. Цы загъта? Ницы, богъ-богъæй кæуы. Куы сынтæгыл æрхауы, куы та сысты, Куы хъæр кæны «Ромео», куы — «Тибалт». Æмæ та ногæй ахауы. Р о м е о. Ромео! Ах, уыцы иом йæ цæстысыидз уыдзæн, йæ хæстæгæн мæлæт куыд разынд, афтæ. 215
Зæгъ-ма, нæмттæ цы ран, æмбæхст вæййынц, Æз уыцы ахстон фехалон бындзарæй. (Сласы йæ кард.) Бери Лоренцо. Дæ къухтыл хæц, æнæзонд! Цæй-ма, зæгъ: Лæг нал дæ, цы? Цæстысыгтæм сылау дæ, Цыбырхъуыр митæм та хъæддаг сырд раст. Лæджы хуызы сылгоймаджы уд бацыд. Сырды лæппын нæлгоймаджы сæримæ. Ай диссаг нæу! Хæрын дын ард мæ номæй, Нырмæ дын æз хуыздæр æнхъæл уыдтæн. Ды амардтай Тибалты. Æмæ, ау, Ныр уый тыххæй дæхи дæр марьпс, ноджы Дæ усы дæр, йæ цард кæмæн дæ, уый? Цæмæй æвзæр у арв, дæ мыггаг, дуне? Цæмæн сын калыс алывыд? Нæ, уыдон Дæ хуызы уымæн баисты æмбырд, Цæмæй фæстæмæ райхæлой? Ды уымæй Æгад кæныс æрмæст дæ сæрызонд, Стæй де ’рдзои ныв æмæ дæ уарзондзинад. Лæджы æрдзæй куы нæ фæуа хъару, Уæд уыцы лæг мыдадзын чындзау сæфт у. Дæ уарзт дзæгъæлы ардхæрыиæй хъазт у, Уæ зæрдæтæн æххуыс куы нæ уа, уæд. Дæ сæрызонд, раст гоцогонд салдатæн Иæ хи хъахъхъæнæн топпыхос йæхиуыл Куы фехæла, гъеуыйхуызæн у раст. Цæй, рабад, лæг! Дæхи кæй тыххæй мардтай — Джулеттæ,— уый æгас у. Уый дын — амонд. Дæу амарынмæ хъавыди Тибалт — Тибалт фæмард йæхæдæг. Уый дæр — амонд. Кæс-ма, цæйбæрц хæрзтæ ныккалд дæуыл, Ды та ма ноджы хъаст ^æныс хъысмæтæй! Дæ зæрдыл дар, фæхъыздзæн дæм хъысмæт. Джулеттæйы уынынмæ фæзын ахсæв, Дзырдгоид ыстæм, æмæ йæ ’рсабыр кæн. < Æрмæст фæстæмæ афойнадыл раздæх,— Кæннод дæ фæндаг Мантуймæ æхгæд Æрцæудзæни. Цæр Мантуйы, куыддæр нын Амал фæуа уæ саргъуыды хабар Æргом зæгъынæн, стæй дыууæ хæдзары Фидауынæн, уæд курдзыстæм, цæмæй Дæу раздахой, æмæ дæ ныры мастæй 216
Дæ цин уыдзæн сæдæ хатты фылдæр. Дыджызæ, ды дæ хорз æхсинæн зæгъ, йæ бинонтæ ныххуыссæнт ахсæв раздæр,— Цæссыджы фæстæ тынг хæцы хуыссæг,— Æмæ кæсæд Ромеомæ æнхъæлмæ. Д ы д ж ы з æ. О стыр хуыцау! Æгас æхсæв лæууин Æмæ уæм хъусин. Ахуырад куыд хорз у! Цæуон æмæ йæ бахъæлдзæг кæнон. Ромео. Дæ уайдзæфтæм, зæгъ, хъусынмæ фæцæуын. Д ы д ж ы з æ. йæ къухдарæи дын рарвыста, кæс-ма. Хъусыс, миййаг-иу ма бакæн æрæджы. (Ацæуы.) Ромео. О, ногæй та куыд райдыдтон цæрын! Бери Лоренцо, Цæугæ. Рæствæндаг. Бадар-иу дæ зæрдыл: Фæстæмæ раздæх афоныл, кæнæ Дæ уæлæдарæс раив æмæ рахъуыз. Цæр Мантуйы. Дæ фæсдзæуинæн дæм, Дæ хъуыддаджы æхсызгон цы уа, уыдон Æрвитдзынæн дæ цæрæнуатмæ. Цæй, Æри дæ къух æмæ хæрзæхсæв рау! Ромео. Дæ цуры тынг æхсызгон у мæнæн, Фæлæ тæхын хъæуы мæ хурмæ мæн. Хæрзизæр у. Ацæуы. 4 СЦЕНÆ Уат Капулеты хæдзары. Бацæуынц Капулет, леди Капулет æмæ Парис. К а п у л е т. Зиан ныл æрцыд, граф, æмæ нырма Нæ чызгимæ нæма баныхас кодтам. Мæ бинонтæн зынаргъ уыди Тибалт. Фæлæ мард мард у. Афтæ раджы нал у: Джулеттæ нал æрцæудзæни бынмæ. 217
Æз дæр, ды мын куы нæ уыдаис, баууæнд, Сахат раздæр ныххуыссыдаин уæд. П а р и с. Фыдохы бон нæу фидауыныл дзургæ. Хæрзфынтæ фен, сииьорæ. Стыр салам Дæ чызгæн ратт, æмæ хæрзæхсæв рауæд! Ка пу л е т. Мæ быгъдуан фод. Зæгъдзынæн ын сæ сом,— Ныртæккæ уый мæстджын æмæ æнкъард у. Æруарздзæн дæ. Куыд не сразы уыдзæн Нæ фæндоныл?—Усай, ды уал æм бауай Фынæйы размæ, бацæттæ йæ кæн, Æмæ йын зæгъ, æртыццæджы кæй уыдзæн... Уæвгæ фæлæуу... Цымæ, цы бон у ныр? П а р и с. Къуырисæр. К а п у л е т. Ау, æцæг, къуырисæр? Наё, Æртыццæг тагъд у, не сцæттæ уыдзыстæм. Цыппæрæмы. Зæгъ ын, цыппæрæм боны Парисимæ кæй саргъаудзыстæм, уый. Разы æмæ цæттæ дæ ды? Хæрз сабыр. Дыууæ-æртæ лымæнимæ æрмæст. Каеннод Тибалт, хъæлдзæг æрбадт, ныхæстæ,— Æццæй, нæу раст? Нæ хæстæджытæ ’рмæст. Ды разы дæ цыппæрæмыл, зæгъ-ма мын? П а р и с. Хъыг мын у, иыр цыппæрæм кæй нæу, уый. К а п у л е т. Хорз. Гъеуæдæ цыппæрæмы. Ныр ацу. Ды та цæугæ Джулеттæмæ. Зæгъ ын, Цæттæ куыд уа йæ саргъауыны бонмæ. Рæствæндаг, граф. Мæ фæсдзæуинтæ, рухс. Ныр афтæ байрæджы æмæ рæхджы Уыдзæни раджы. Уе ’ппæт дæр хæрзæхсæв. Ацæуынц. 5 СЦЕНÆ Джулеттæйы уат. Р о м е о æмæ Джулеттæ. Д жу л еттæ. Цæугæ кæныс? Куы нæма ’рбарухс бон. Уый зараг цъиу иæ ныззарыди пыхсæй,— 218
Уый булæмæргъ нытътъæлланг кодта ныр Иæ къутæрæй — æхсæвæй уым фæзары. Хæрын дын ард, уый булæмæргъ уыди. Ромео. Нæ, зардг цъиу нæм сиды, зæгъгæ, скæсдзæн Сæуæхсид тагъд. Йæ тынтæй рухс кæнынц Бæрзонд æврæгътæ. Æхсæвы цырæгътæ Мынæг кæнынц. Æрыхъал хæхты бон Æмæ фæхъуызы урсхудджын бæрзæндтæм. Кæд дæ фæнды, æгас уон, уæд цæуон, Куы баззайон, уæд тынг тас у мæ цардæн. Джул еттæ. Мæ дуне, уый сæуæхсиды рухс нæу, Уый цавæрдæр ыстъалы скалдта пиллрн, Цæмæй дæ развæд Мантуяйы онг Кæмдæриддæр уынай сыгъдæг, рæсугъдæй. Кæдæм тындзыс? Чысыл-ма баззай ам. Ромео. Æрцахсæнт мæ, æрцауындзæнт мæ, уадз. Кæд дæу фæнды, уæд ам лæууын бынтондæр. Ды рает зæгъыс, сæуæхсиды рухс нæу, Уый мæйрухс у. Стæй зараг цъиу нæ уыд — Уый булæмæргъ ныззарыди тъæллангæй. Цæуынæй мæн фылдæр фæнды лæууын. Цы у мæлæт? Джулеттæйы куы фæнды! Цæй, адзурæм. Нырма нæма у бон. Джул еттæ. Йæ, бон у, бон. Цæугæ, цæугæ. Æрбарухс. Æрбарухс и. Уый зараг цъиу кæны Цъыбар-цъыбур, цæмæй фæуæм нæ фембæлд. йæ зарæг ын æхсызгон хонынц тынг. Нæ, уарзæтты сæ кæрæдзийæ уары. Ыстæй, дам, ын хæфсы цæстытæ ис. Нæ, уый хæфсы раз мисхал дæр нæ мары! Иæ зарæгæй нын бацамыдта уый, Кæрæдзийæ кæй хъæуы мах фæхицæн. Ныр лидзгæ кæн, бынтон æрбарухс бон. Ромео. Бон рухс кæны, мæ зæрдæ та мæйдардæр. Уатмæ бацæуы дыджызæ. Д ы д ж ы з æ. Джулеттæ! 219
Джулеттæ. Циу! Д ы д ж ы з æ. Æрбацæуы дæ мад. Ыскæсы хур. Миййаг уæ исчи фендзæн. (Ацæуы.) Джул еттæ. Мæ рудзынг! Рухс æрбакасти дæуæй, Фæлæ дыл ныр мæ цин æддæмæ хизы. Ро м ео. Фæстаг хъæбыс. Хæрзбон. Цæй, лидзын æз. Джул еттæ. Ау, ацыдтæ, мæ уд, мæ мой, мæ хæзна? Æрвылбон дæр, æрвыл сахат мæнмæ Дæ хабар фысс. Минуты цас и бонтæ! Ромео, ног та цалынмæ дæу фенон, Уæдмæ быитон куы базæронд уон æз. Р о м е о. Æцæгæлон бæстæй дæм æз, мæ зæрдæ, Æрвитдзынæн мæхи тыххæй хабæрттæ. Джул^еттæ. Цымæ ма кскуы фембæлдзыстæм ныр? Ром ео. Дызæрдыг ма кæн. Ацы зынтæ мах Æмлбисонд æмæ диссагæн хæсдзыстæм. Джулеттæ. Мæ дунейыл, цы ’взæр цæст мын и, цы! Ныккастæн дæм бынмæ æмæ мæм афтæ Фæзынд, цыма раст ингæны бын дæ, Æмæ, цыма дæ хуыз бынтон фæцыди. Р о м е о. Ды дæр мæнмæ фæлуре кæсыс æцæг. Дæ хуыз фæцыд, æнкъард кæй кæнæм, уымæн. Хæрзбон, мæ хур. (Ацæуы.) Д ж у л е т т æ. Хъысмæт, дæу хонынц сайæг, Кæд раст у уый, кæд сайæг дæ æцæг, Уæд мын мæ хуры бирæ ма уадз дард ран,— Фæстæмæ йæ æрбасай ардæм тагъд. Леди Капулет (фæссценæйæ). Чызг, раб’адтæ?
Джул еттæ. Кæцы дæ, чи мæм дзуры? Ды дæ, мæ мад? Нæма ныххуыссыдтæ? Йе — рабадтæ? Цы кæныс афтæ раджы? Леди Капулет. Куыдтæ дæ, Юли? Джулеттæ. Иучысыл хъæрзгæ. Леди Капулет. Кæуыс дæ сæфт æфсымæрыл? Цæссыгтæй йæ ингæнæй нæ раздахдзынæ уый, Нæдæр фæстæмæ райгас уыдзæн. Ма ку. Бæрцæй кæуын —уый уарзыны нысан у, Æгæр кæуын æдылыдзинад у. Д ж у л е т т æ. ! Æмæ мæ маст тыхджын кæд у, уæд та? Леди Капулет. Кæуыл кæуыс, дæ цæссыг уый нæ уыны. Джулеттæ. Мæ цæстысыг зæрдæбынæй цæуы. Леди Капулет, Ды ныр кæуыс, Тибалтыл нæ, фæлæ Йæ цъаммар марæг ’гас кæй баззад, ууыл. Джулеттæ. Уый чи у уæд? Леди Капулет. Ромео! Джулеттæ. Уый æмæ Цъаммардзинад кæрæдзимæ сты тынг дард.— Хуыцау æвдисæн, уый хуызæн нырма Мæ риуы маст нæма бауагъта иу дæр. Леди Капулет. О, о, æмæ нырма нæма у мард. Д жу л етт æ. Цæры æмæ йæм не ’ххæссы мæ къух. Тибалты маст дзы райсдзынæн мæхæдæг. Леди Капулет. Уый райсдзыстæм, ды мурдæр ма тыхс ууыл. Æз Мантуймæ лæг арвитдзынæн, уым, дам, Æмбæхсы уыцы цъаммар, æмæ йын Ныккæндзæнис йæ хæринагыл марг. Тагъд уазæгуаты бацæудзæн Тибалтмæ, Æмæ дæ уд æрæицайдзæни уæд. 221
Джулеттæ. Мæ удæн’ нæй æрæнцайæн, Ромео Мæхи къухты кæдмæ бафта, уæдмæ. Æрцагур лæг æрвитынæн, æз марг Ромеойæн ыссардзынæн мæхæдæг. Цæй зын мын у йæ ном дæр хъусын, ууыл Мæ бон куы нæу мæхи баппарын, уæд, Цæмæй йæ мард Тибалты тыххæй раст Мæ хъæбысы мæлæтдзаг цъист ныккæнон! Леди Капулет. Ыссар мын марг, уадз й ’арвитын мæ бар. Ныр та, мæ хъæбул, цины хабар фехъус. Джулеттæ. О, ахæм заман цины хабар хорз у. Фæлæ-ма зæгъ, цы цины хабар у? ЛедиКапулет. Дæ фыд æдзух дæ цардамондыл зилы. Цæмæй дæ зæрдæ барухс уа — кæны Бæрæгбон тагъд. Нæ фыны дæр нæ федтам Мах уыйхуызæн бæллиццаг цины бон. Д ж у л е т т æ. Рæстмæ йын фод. Йæ бæрæгбон кæд уыдзæн? Леди Капулет. Цьшпæрæмы, мæ дзæбæх чызг. Уæд нæ Хæрзамонд граф Парис, дæ цардæмбайлаг, Сæумæйыл Петры аргъуанмæ хоны, Цæмæй уым демæ саргъауа, мæ хур. Джулеттæ. Хæрын ард Петры аргъуан æмæ Петрæй, Парисимæ мын аргъауинаг нæй. Цы тагъд кæнут? Кæдæм мæ тæрут моймæ, Мæ мойаджы куы нæма федтон, уæд? Ыстыр бузныг! Мæ фыдæн зæгъ, нырма, дам, Нæ мой кæнын, лæг мæ куы хъæуа, уæд Ромеомæ фæцæудзынæн, Парис та Нæ хъæуы мæн. Цы ма уа уæдæ цин! Леди Капулет. Дæ фыд фæзынд, зæгъ ын дæхæдæг ныр, Стæй фендзыстæм, цы дзуапп дын ратдзæн, уый дæр. Бацæуынц Капу л ет æмæ д ыджыз æ. К а п у л е т. Куы фæуы бон, фæзыны уæд æртæх, 222
Мæ каисы фæудыл та уары саха. Цæссыгтæй та цыхцырджытæ уæддæр? Нырма бынтон сывæллон у, æнахъом, Фæлæ дзыиазы, оххытæ кæны; Æгæрон фурды сау тымыгъ куы схъызы, Уæд къаннæг нау тызмæг хъызтимæ тох Куы фæкæны, раст уый хуызæн у ай дæр. Нæ фæндон ын нæма дзырдтай, усай? 1'Л е д и К а п у л е т. Дзырдтон, фæлæ нæм хъусгæ дæр кæм кæны, Стыр бузныг, дам. Нæ йæ фæнды, мæ бон. )К а п у л е т. Цы, цы? Нæ фехъуыстон. Зæгъ-ма йæ иу хатт. Нæ йæ фæнды? Стыр бузныг, дам? Кæд æй Нæ бамбæрста, цы кад нын у? Кæд зондæй Нæ хаты, сиахс цас кадджын у, уый? Нæ йæм фæкаст, зæгъыс, нæ равзæрст диссаг? Джулеттæ. Æз бузныг дæн, фæдæ сæрыстыр — нæ. Кæй нæ уарзын, куыд уон сæрыстыр уымæй? Кæй мыл тыхсут, зынаргъ та мын у уый. К а п у л е т. Цу, бамбар æй! Нæ дæ ’мбарын, иыббар. Цы йæ фæиды? Куы бузныг у, сæрыстыр, Куы бузныг нæу æмæ сæрыстыр нæу. Ныууадз дæ уыцы аргъæуттæ, къæбæда! Цы сты мæнæн дæ сæрыстыр, дæ бузныг? Цыппæрæмы уыл аргъаудзыстæм, зон, Парисимæ куыд саргъауай, кæннод дæ Бæндæнæй уырдæм баласдзынæн æз. Кæсут-ма уыцы удхæссæг халермæ, Куыд ныббуц и! Леди Капулет. Дæ зонд фæцыд, нæ лæг? Джулеттæ. Мæ зонгуытыл, цæссыгтæ калгæ, курын Æмæ мын ратт ныхасы бар æрмæст. К а п у л е т. Ныхъхъус у! Æз хуыздæр зонын мæхæдæг. Æнæзонд, хивæнд! Хъус, цы зæгъын æз: Цыппæрæмы æиæсыбырттæй саргъау, Кæннод кæсгæ дæр мауал кæн мæнмæ! Æнцад! Ныхъхъус у! Иу сыбыртт дæр ма скæн! Охх, охх, мæ къухтæ мæ хæрынц...— Усай, 223
Æвæдза, мах сæрхъæн уыдыстæм раздæр,— Фылдæр цотмæ бæллыдыстæм! Ныр та Кæсын, æмæ нын иунæг дæр æгæр у: йæ мастæй мæ мæ хъуырмæ скодта раст! Дард, чъизи уд! Д ы д ж ы з æ. Хуыцау бахиза, хицау! Хъæбулы тыххæй афтæ дзурæн нæй. К а п у л е т. Цæуылнæ уæд, æппæт зонæг дыджызæ? Цу хæлд сылтæм æмæ уым амон зонд. Д ы д ж ы з æ. Æз раст зæгъын. К а п у л е т. Ды ацу æмæ кæн Дæхи хуызæн сæрхъæн сылтæн иыхæстæ,— Нæ хъæуынц мах. Леди Капулет. Æгæр мæсты кæныс. К а п у л е т. Кæй бон æм у æнæмæсты? 0, зæдтæ! Кæмфæнды уон, цыфæнды фæнд кæнон, Æхсæвæйгбонæй, уазæгуаты, ам,— Мæ хъуыды у, цæмæй йын ссарон мойаг. Æмæ æппынфæстаг фæхæст дæн ныр: Хъæздыг, рæсугъд, цытджын æмæ хæрзæгъдау, Фæрныг хæдзар,— цыма вæййы хуыздæр! Бæллиццаг фын! Фæлæ ныццæхгæр уаллон: «Нæ хъæуы мæн. Нæ фæнды мæи. Хатыр. Сывæллон у». Нæма дæ фæнды? Хорз. Хатыр дын фод. Фæлæ нырæй фæстæмæ Кæмфæнды хæр, æрмæст мæнимæ — нал. Дæ зæрдыл дар, æз иунæг хатт фæдзурын. Хъуыдыйæн дын дыууæ боны дæттын: Мæ чызг кæд дæ, уæд ацæудзынæ моймæ, Кæд нæ, уæд иуварс æмæ стонгæй мæл, Дæхи ныххурх кæн! Ард хæрын хуыцауæй, Дæуыл уæд æз кæй сисдзынæн мæ къух. Хъуыдытæ кæн, æз хъазæндзырд иæ загътон. (Ацæуы.) Джулеттæ. *Ау, з&дтæй дæр тæригъæдгæнаг нæй? Куы сæм зыны мæ хъизæмар æххæстæй. 224
Мæ зынаргъ мад, куыд уадзыс сурын мæн? Мæймæ, къуыримæ аргъæвын кæн фидыд, Кæнæ мæ арвит зæппадзмæ — мæрдтæм. Леди Капулет. Нæ фæид лыг у. Цы хуыздæр у, уый бакæн. Сыбыртт дæр нал. Мæ ныхас загътон æз. * (Ацæуы.) \Л ж у л е т т æ. О стыр хуыцау! О ме схæссæг! Цы кæнон? Хуьщауы раз дзырд радтои, ис мын лæг. Куыд басæттон уæд ардбахæрд мæнгардæй, Нырма мæ лæг сæрæгас куы у, уæд? Цæмæн бæтты хъысмæт уæззау рæхыстæй, Мæнау æдых, æнахъомы уæнгтæ? Цы мын амоныс, ме схæссæг? Æппын мын Нæй ирвæзæн хос? Д ы д ж ы з æ. Ирвæзæн хос ис. Ромео хаст у. Нал бауæыддзæн ардæм Æргом цæуыи, æмæ дæ курын уый. Гъеуымæ гæсгæ* смой кæнин æз графæй. Рæсугъд у тынг. Ромео уый раз у Лысчъы хуызæн. Йæ цæстæнгас цæргæсау Цæхæртæ калы. Ацы ног фидыд У мин хатты дæ фыццагæй пайдадæр. Дæ ныры мой та ахæм дард ран ис, Æмæ дзы мардау мисхал дæр нæй райсæн. Джулеттæ. Зæрдæйæ дзурыс уый? Д ы д ж ы з æ. Зæрдæйæ, о. Джулеттæ. Дзуар бафтау! Д ы д ж ы з æ. Цы? Д ж у л е т т æ. Нæ дæ зыдтон æппындæр. Бынмæ ныууай æмæ мæ мадæн зæгъ: Мæ фыдмæ, дам, кæй нæ байхъуыстон, ууыл Фæсмон кæнын тыхджын æмæ, зæгъ, иыр Æз ракурдзынæн берийæ хатыр. 15 Шекспир 225
Дыджызæ. Цæуыи, гъеуый дын раппæлипаг хабар. (Ацæуы.) Джулеттæ. Куыд мæнгард у æгас дуне уæдæ! О хинæйдзаг дыдзæсгом! Циу мæнгарддæр: Мæн сайдвæндагыл ардауын, æви Ромеойæ цы ’взагæй ’ппæлыд арæх, Гъеуыцы ’взагæй уый фауын ныр та? Дард, дард мæнæй! Хæларад не ’хсæн нал и. Кæд мын нæ фæуа бери дæр æххуыс, Уæд ис мæ къухты хи марынæн хос. Ацæуы.
IСЦЕНÆ Бери Лоренцойы ныккæнд. Бацæуынц б е р и Л о р е нцо æмæ П арис. Б е р и Л о р е н ц о. Цыппæрæм — уый цыбыр æмгъуыд у тынг. П а р и с. Тындзы йæ фыд, æмæ æз Капулеттæн Сæ фæндоныл нæ зæгъдзынæн дыууæ. Бери Лоренцо Джулеттæйæн йæ зæрдæ ды нæ зоныс. Уæ хъуыддæгтæй бынтон разы нæ дæн. П арис. Æппынæдзух кæуы Тибалтыл. йемæ Мæ бон нæ баци баныхас кæнын. Фыдохы бон нæй уарзондзинад домæн. Фæлæ йæ фыд цæссыджы ныхмæ у. Кæуынæй, дам, фыдхуыз кæны. Хæрз иунæг Кæй вæййы, уымæн тынг кæны æнкъард, Æмæ лæгмæ куы фæцæуа, уæд ногæй Йæ зæрдæйы æрцæрдзæнис æнцой. Æмбарыс ныр нæ тагъд кæнынæн й ’аххос? Бери Лоренцо (фæрсмæ). О, йе сæфтæн. (Хъæрæй.) Йæхæдæг нæм фæзынд. Бацæуы Джу л еттæ. П а р и с. Мæ рæсугъд къай, хуыздæр амонд нæ хъæуы! 227
Джулеттæ. Иырма нæ бар кæрæдзиуыл нæ цæуы. П ари с. Цыппæрæмы уыдзынæ ды мæ къай. Джулеттæ. Цыдæриддæр хуыцауæй у. Б е р и Л о р е н ц о. Ай-гъай. П а р и с. Дæ тæригъæдтæ суадзынмæ фæзындтæ? Джулеттæ. Нæ фыдмæ — о, æндæр искæмæ — нæ. П а ри с. Нæ фыдæн зæгъ, тыхджын кæй уарзыс мæн. Джулеттæ. Дæуæи зæгъын, æз уый тыхджын кæй уарзын. П а р и с. Нæ, канд уый нæ, мæн дæр кæй уарзыс тынг. Джулеттæ. Дæуæн æз уый нæ зæгъдзынæн: æгæр тынг Куы фæзына дæ цæсгомыл, миййаг. П а ри с. Цæссыгтæй цас фæфыдхуыздæр дæ цæсгом, Мæгуырæг! Джулеттæ. Цæй, цæссьтгтæй та мын циу: Нырмæ дæр уа рæсугъд нæ уыд мæ цæсгом. П ари с. Дæ цæсгомыл ды хахуыр кæныс ныр. Джулеттæ. Синьор, рæстдзинад никуы вæййы хахуыр, Стæй æз мæхи цæсгомыл дзуръш ам. П а р и с. Уый ныр мæн у, ды та йыл дзурыс мæнг. Д ж у л е т т æ. 0, чн зопы: уæддæр куы нал у мæп.— Иæ сыгъдæг фыд, æвдæлон дæ, æви дæм Æрбацæуои изæраргъуыды размæ? Бери Лоренцо. Иæ, мæн æвдæлы ацы сахат. Мах Дыууæйæ ам цыдæр ныхас и, хорз лæг. П а р и с. Æз аргъаугæйæ бахъыгдарон? Нæ. 228
Цыппæрæмы фæзындзынæн, Джулеттæ, Ныр та уал дын кæнын дæ къухæн пъа. (Ацæуы.) Джулеттæ. Йæ фæдыл ахгæн. Иуцъус аку мемæ. Хæрз сæфт кæнын. Нæй фервæзынæн хос. Бери Лоренцо. Дæ сагъæс дын æмбарын æз, Джулеттæ. Цы чындæуа,— мæ бон æрхъуыды нæу. Цыппæрæмы æрцæуай хъуамæ аргъуыд Парисимæ. Æргъæвæн та йын нæй. Д ж у л е т т æ. Хуыздæр амал кæд нæй, уæд ууыл ма дзур. Дæ бон кæд зондæй баххуыс кæнын нæу, Мæ ми мын зондджын рахон уæд. Мæ тыхсты * Мæн ацы хъама ирвæзын кæндзæн. Цытджын хуыцау нæ сиу кодта зæрдæйæ, Нæ къухтæ та нын баиу кодтай ды. Лæвæрд дæн æз Ромеойæн. Мæ зæрдæ Цæйнæфæлтау æндæрæн раттон æз, Фæлтау дзы кард ныссадздзынæн мæхæдæг. Уæдæ дæ бирæ фæлтæрддзинад басгар, Цымæ дзы нæй мæ уавæры хуызæн. Кæннод мын ахæм минæвар фæуыдзæн, Æмæ мын раст тæрхон ыскæндзæн уый. Цыбырдæр у, æгæр дæрдтыл мын ма дзур. Кæнæ мæлæт, кæнæ цæрæнхос агур. Бери Лоренцо. Фæлæуу, мæ чызг. Ис иу мадзал, æцæг Тыхджын зын у, мах басæттын кæй хъавæм, Раст уый хуызæн, зæрдæризæн, тæссаг. Уæдæ, цæйнæфæлтау фæцæуай графмæ, Фæлтау мæлæт хуыздæр уыдзæн, зæгъыс? Кæд афтæ у, уæд иу хос и, мæлæтау, Æгад æмæ æнамонды ныхмæ. Ис ахæм хос, æрмæст хъæуы лæгдзинад. Джулеттæ. Цæйнæфæлтау Парисæй скæнон мой, Фæлтау мæхи æз аппардзынæн былæй, Ие балæсдзынæн калмæй дзаг кæлмдонмæ, Абырæгау фæцæудзынæн хуыснæг, Мæхи цъæх арсыл бабæттын кæндзынæн. Æз уыимæ чындзæхсæвы фæлтау, 22$
Æхсæв ныллæууин зæппадзы мæрдтимæ, Ныххуыссин ногкъахт ингæны,—кæддæр Цæмæй тарстæн, зыр-зыр кæй коймæ кодтон, Æдæрсгæ се ’ппæт баххæст кæнин ныр, Цæмæй дæу уон æнæсайдæй, Ромео. Бери Лоренцо. Уæдæ цæугæ æнæмæтæй хъæмæ. Кæс хъæлдзæгæй. Дæ фыдæн зæгъ: дæн разы, Стæй комын графæн. Сом æртыццæг у. Ныххуыс-иу райсом иунæгæй. Дæ уаты Дæ дыджызæйы ма ныууадз æхсæв. Куы ’рцæйхуыссай, уæд а чысыл авг бакæн. Куы баназай, йæ мидæг чи ис, уый, Уæд дæ æваст фæтæгæл кæндзæн уазал. Ныллæудзæни дæ тугдадзинты туг. Уыдзынæ мардау. Улæфт æмæ хъармæн Сæ фæд æппындæр нал зындзæн дæуыл. Дæ русты сырх æрцæудзæни. Фæрссæгтау Дæ цæстытæ æрæхгæндзысты уæд. Дæ къабæзтæ æнæзмæлгæ, æдзардæй, Ныргъæвсдзысты, æдзæм марды уæнгтау. Гъе, афтæмæй цыппор дыууæ сахаты Фæуыдзынæ æрдæгмарды хуызы, Стæй уыйфæстæ æрчъицдзынæ уæнгрогæй, Сæумæйыл дæм Парис фæзындзæн. Ды Уыдзынæ мард. Нæ фæтк куыд домы, афтæ, Дæу гом чырыны ахæсдзысты, стæй Цæвæрдзысты уæ мыггаджы зæппадзы. Ромеомæ фæсиддзынæн уæд æз. Дæ райхъалмæ уæ зæппадзы уыдзыстæм, Æмæ дыууæйæ тæккæ уыцы ’хсæв Раст Маитуймæ фæрæствæндаг уыдзыстут. Гъеуый уæ хос, кæд не стæрсай, йе кæд Рæдыд дæхиуыл ницы руадзай, уæд. Джул еттæ. Æри мын авг. Тæрсыны кой мын ма кæн. Бери Лоренцо. Гъа, айс æй. Æз ныффысдзынæн фыстæг, Уый ахæсдзæни Мантуймæ Джованни. Хъæбатыр у, дæ мастæн фидар лæуу. Джулеттæ. Æз ардзынæн мæ уарзыны хъару. Хæрзбон, нæ фыд. Ацæуы. 230
2 СЦЕНÆ Зал Капулеты хæдзары. Бацæуынц Капулет, леди Капу лет, дыджызæ æмæ д ыу у æ æ х х у ы р с т ы. К а п у л е т. Фыст чи у, уыдон с<е ’ппæт дæр æрхонут! Иу æххуырст ацæуы. • Ды та дыууын дæсны пъовыры ссар. 2-а г æххуырст. Гуызавæ ма кæн уый тыххæй. Æз <сæм багудзитæ кæндзынæн, цымæ се ’нгуылдзтæ сдæриккой. К а п у л е т. Уый та ма цæмæн? 2-а г æххуырст. Æмæ уæдæ цæйаг у, йе ’нгуылдзтæ чи не сдæра, уыцы пъовыр? Адде йæ кæн! К а п у л е т. Хорз, хорз, цæугæ. Дыккаг æххуырст ацæуы. Æз ныр куыстæй мæ хъуырмæ дæн. Цымæ Æцæг ацыд Лоренцомæ Джулеттæ? Д ы д ж ы з æ. Ацыд, мæрдтыстæн, ацыд. К а п у л е т. Кад æй рæстыл ныллæууын кæнид уый. Æдзæсгом чызг, æнаккаг æмæ зондцух! Бацæуы Д ж у л е т т æ. Д ыджызæ. Кæсут-ма йæм, йæ тæригъæдтæ ист Куы фесты, уæд куыд дидинæг ыскалдта! К а п у л е т. Цæй, куыд, хивæнд? К&м фесæфтæ, зæгъ-ма? Джулеттæ. Фæлтау мæ фæрс: кæм ыссардтон мæхи! Куыд æвзæр уыд, кæй уыдтæн хивæнд! Бери Мæнæн тызмæгæй амоны, цæмæй Мæ зонгуытыл дæ разы хатыр курон. Дæ хорзæхæй, ныххатыр кæн, мæ фыд, Дæ фæндыл «нæ» æз ника^дуал зæгъдзынæн. К а п у л е т. Уый хъуамæ графæн фехъусын кæнон. 231
Цы ма кæсæм? Тæккæ райсом чындзæхсæв! Джулеттæ. Æз графы федтон беридоны. Уаг Цы бар дæтты, уыдтæн æз уыйбæрц йемæ Æнæ хинæй зæрдæхъæлдзæг, æргом. Ка пул ет. Гъеуый иттæг хорз. Сыст уæлæмæ пъолæй. Бæззыс, мæ чызг.— Æрцыди графмæ ’рвыст? Нæ фехъуыстат? Фæдзурут тагъддæр графмæ! Цы зондджын у, уæдæ, нæ бери, цы. Дзæгъæлы дзы нæ феппæлы нæ горæт! Джулеттæ. Цом мемæ, ме схæссæг, æмæ хуыздæр Цы ссарæм дарæс, равзарæм уый соммæ. Леди Капулет. Цæй соммæ, цæ? Цыппæрæмы уыдзæн. Рæстæг уын ис. К а п у л е т. Цæугæ, цæугæ, дыджызæ. Тæккæ райсом чындзæхсæв кæнæм мах. Джулеттæ æмæ дыджызæ ацæуынц. Леди Капулет. * Нæ, афтæ тагъдмæ не сцæттæ уыдзыстæм. Æхсæв у ныр. Ка пул ет. Цæмæй тæрсыс,— æз дæм Фæкæсдзынæн, æмæ нæ хъуыддаг рæвдз у. Ды чындздзон дарæс ацæттæ кæн ам, Æз та бынæй æррæвдз кæндзынæн фынгтæ. Гъей, ме ’ххуырстытæ! Иу дæр сæ ам нæй! Æвналут рæвдздæр! Цон, зæгъон Парисæн, Чындзæхсæв сом кæй уыдзæн, уый. Æппæт Цæуы иттæг хорз, чызг куы сразы, уæд. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Джулеттæйы уат. Бацæуынц Джу лет т æ æмæ д ыджызæ. Джулеттæ. О, ацы къаба се ’ппæтæй хуыздæр у. Фæлæ мæ ахсæв иунæгæй ныууадз. Ысулæфон мæ чындзæхсæвы размæ.
Ды зоныс, сусæг тæригъæдтæ цас и Мæ зæрдæйы. Æз уыдон тыххæй,ныр Хуыцауæй хъуамæ ракурон хатыр. . Бацæуы лед и Капу л ет. Леди Капулет. Æвзарут, цы? Фæкæсын уæм хъæуы? Джулеттæ. Куы нæ; мæ мад. Цы нæ бахъæудзæн райсом, Уый равзæрстам. Кæд ды разы дæ, уæд, Уæ хорзæхæй, мæн иунæгæй ныууадзут,. Мæ дыджызæ мын акæндзæн æххуыс. Сымахæн ахсæв бирæ ис хъуыддæгтæ. Леди Капулет. Хæрзфынтæ фен. Ныххуысс. Дæ фæллад суадз, Дæу баулæфын тынг хъæуы. Джулеттæ. Хæрзæхсæв! Л е д и Капу лет æмæ д ыджыз æ ацæуынц. Хуыцау дæсны, кæд ма фендзыстæм ныр. Æнахуыр уазал ме стджыты уонг хизы, Æмæ мын тæссæй уромы мæ туг. Фæдзурон сæм, æнæ уыдон хъыг кæнын. О ме схæссæг! Нæ, уый хъуыддаг нæй ам. Ам хъуамæ уон æз иунæгæй мæхæдæг. Цы фæдæ, авг?.. Æмæ мыл хос куы нæ фæтых уа ныр? Уæд райсом нæй æнæ фæцæугæ моймæ? Нæ, ис ма иу хос. Хуысс мæ цуры, кард. (Кард йæ хуыссæны æвæры.) Æмæ кæд марг у ай? Нæ сусæг фидыд Куы рахъæр’уа, уæд берийы мæнгард Дыдзæсгом хондзæн алчидæр, закъонæй Æрцæудзæн уæд тыхджын æфхæрд, фæлæ Куы амæлон, уæд не схъæр уыдзæн, уый мыл Кæй саргъуыдта Ромееимæ. О, Уый афтæ у. Нæ, уый нæ уыдзæн, никæд! Рæстгæнæгыл нымад уыди нырмæ. Æмæ, миййаг, Ромеойы фæзындмæ Куы райхъал уон? Цы тарст фæкæнин, цы! Æмæ, æниу, нæ фæхуыдуг уыдзынæн Æнæуæлдæф, æнуд зæппадзы æз, Мæ ирвæзынгæнæджы ’рцыдæй раздæр? 233
Кæнæ мæтмард куы нæ фæуон, уæддæр Уым, мæрдты ’хсæн, æмбисæхсæвы тары, Фыдæй фыртмæ нæ мыггаджы мæрдтæ Кæм лæзæрынц æмæ Тибалт æмбийын Кæм байдыдта йæ ног ингæны, уым Мæлæтдзаг тæссæй не сæрра уыдзынæн? Фæдзурынц афтæ, хаттæй-хатт, дам, уым Сæ ингæнтæй æхсæвæй сыстынц мæрдтæ, Æмæ кæй фенынц, чи сæ фены, уый Сæ хъæр, сæ ниудæй сæрра вæййы уайтагъд,- Уæд, ау, мæнæн цы бæрæг и, миййаг, Мæ табæтæй æгæр раджы куы растон Æмæ уым, тары, рагон мæрдты ’хсæн, Сæ тæф æмæ сæ тыхсæттæн дзынæзтмæ Мæ фыртæссæй куы сæрра уон бынтон? Цы бæрæг и, мæхи къухæй Тибалтæн Йæ мæрддзæгтæ куы ратонон, миййаг, Кæиæ фыдæлтæй искæй агъды стæгæй, Куы акалон мæ сæры магъз æваст? Кæс-ма, кæс-ма, мæ мады ’фсымæр уартæ Куыд фæтæхы Ромеойы фæдыл, Цæмæй йæ туг йæ амарæгæй райса. Æрлæуу, Тибалт, дæумæ фæцæуын æз,— Дæу цæрæнбонтæн нуазгæйæ,— Ромео! (Нуазы марг æмæ хуыссæныл æрхауы.) 4 СЦЕНÆ Зал Капулеты хæдзары. Бацæуынц л е д и Капу л ет æмæ д ыджызæ. Леди Капулет. Айс дæгъæл æмæ адджинаг æрдав. Д ы д ж ы з æ. Хъæуы ма гуылтæн финик æмæ къомси. Бацæуы Капу лет. К а п у л е т. Тындзут, тындзут. Дыккаг кæркуасæн у. Дзæнгæрæг цагътой. Пецмæ дæр-иу бакæс, Торт басудз’дзæн. Ыстæй рæдаудæр у. Леди Капулет. Дæ фындз айс иуварс, мæлæты дæсны ’фсин! Ныссæй, дæ сæр тъæппытæ хаудзæн сом. 234
К а п у л е т. Æгъуыссæг дас æхсæвтæ фæдæн царды! Æмæ фæлтæрд дæн,— иу æхсæв та циу? Леди Капулет. О, чызджыты уæттæм æцæг фæлтæрд дæ, Фæлæ ныр уырдæм нал бафтдзæн дæ къах. Л ед и Капу лет æмæ дыдж ыз æ ацæуынц. К а п у л е т. Иæ зæрдæ мыл кæдмæ худы! Бацæуынц цалдæр æххуыр ст ы æмæ бахæссынц сугтæ, уæхстытæ æмæ чыргъæдтæ. Фæлæуу-ма. Уый циу, хорз лæг? 1-а г. æхх у ы р ст. - Фыцинаг цыдæр у. Нæхæдæг дæр ын ницы зонæм. К а пу л ет. Батындз. Ф ыцца г æххуырст ацæуы. Цæй суг у ай? Хуылыдз куы сты бынтон! Цу, Петрæн зæгъ, кæм æвæрд ысты, хустæ? 2-а г æххуырст. Нæ хъæуы Петр. Нæхиуыл хорз сæр ис. Нæхи сæр хъуамæ хусдæр сугтæ осара. К а п у л е т. Ай худæг нæу! Ыссара сугтæ сæр! Ыссара ма дзур, фæлæ сара, къоцах! Дыккаг æххуырст ацæуы. Æрбабон и? Ныр афонмæ Парис Æрбабырсы. Йæ музыканттæ — уæртæ, Тæккæ дæр уыдон! Хъуысы музыкæ. Дыджызæ! Усай! Мæрдфын сыл бафтыд. Дыджызæ, цы фестут? Д ыдж ы з æ баздæхы. Тагъд арæвдз кæн Джулеттæйы, æз та Фæкæсон ам Парисмæ, Тагъддæр, тагъддæр! Æрхæццæ усгур. Рæвдздæр, зæгъын, цæй! 235
Æрхæццæ усгуд. Фезмæлут, куы загътон! Ацæуы. 5 СЦЕНÆ Джулеттæйы уат. Д ы д ж ы з æ. Æхсин, æхсин! Уæлæмæ рабад, сыст! Æмбисбон у, хуыссæджы дзæкъул! Багъæц! Лæдзæгæй дыл æрцæуон, урс сæныкк,— А-гъа, а-гъа! Куыд, не скодтай сыбыртт дæр? Хорз, хорз. Хуысс уал, нырма дын фадат ис, Фынæй уал кæн. Фæстæдæр дын дæхи граф Йæ уд дæр ратдзæн, йе, фæлæ дæуæн Цæстныкъуылдмæ фынæйы бар нæ ратдзæн, Хæрын дын ард. Куыд тарф фынæй ^, куы! Нæ, рабадынæн афон у, Джулеттæ! ’* Джулеттæ! Рабад, худинаг у, граф дæ Фынæпæ ам куы ’рбаййафа дæ уаты! Уæвгæ, уæд цы? Æхсызгон ын уыдзæн. (Байгом кæны æмбæрзæн.) Æд дарæс? Сыстад, чындздзон дзаума скодта, Стæй ног хуысгæ? Нæ, уый дын нæу æгъдау! Æхсин, æхсин! Æгъгъæд фынæй кæ! Стæ-ма. Нæ уыдзæн уый! Гъей, адæм! Мард у, мард! О стыр хуыцау! О ме скæнæг! Æххуысмæ! Арахъхъы хуыпп! Мæ зæрдæ хауы тъæпп! Бацæуы ледиКапулет. Леди Капулет. Цы хъæр кæныс? Д ы д ж ы з æ. О, стыр æнамонд хабар! Леди Капулет. Уæд цавæр? Д ы д жы з,æ. Бакæс. Дзурын нæу мæ бон.. Леди Капулет. О, м ’ахсджиаг, мæ удлæууæн, мæ иунæг! Æрчъиц-ма, скæс, кæннод мæлын æз дæр. Æххуыс, æххуыс! Бацæуы Капулет. 236 \
Ка пул ет. Æиæсæрымагъз адæм! Нæ <сиахс ам, нæ чындздзон чызг — кæмдæр. Д ы д ж ы з æ. Джулеттæ бабын. Амарди мæ иунæг. Леди Капулет. Джулеттæ нал ис. Амарди мæ чызг! К а п у л е т. Нæ уыдзæн! Иуварс! Туджы цъыртт дзы нал ис. Æдзæм мард аци. Ихы къæрттау раст. О стыр хуыцау! Ныллæууыди йæ зæрдæ. Фæцис. фæцис! Ныббырста йæ мæлæт, Зымæгон зæххы мит куыд бырса, афтæ. Л е д и К а п у л е т. Мæхи Джулеттæ! О, мæгуыр мæ бон. К а пу л е т. Æгъатырæй дæу ахæссæг мæлæт мын Хæны мæ хурхыл,— дзурын нæу мæ бон. Бацæуынц б е р и Лор е нцо, П а р ис æмæ музыканттæ. Б е р и Л о р е н ц о. Цæй, куыд? Цæттæ у аргъуанмæ цæуынмæ Уæ чындздзон? Ка пу л ет. Уырдæм ацæудзæн, фæлæ Фæстæмæ нал! Мæ иуиæг нал ис, нал. О, ме сиахс! Дæ саргъуыды уæлхъус дын Дæ бинойнаджы аскъæфта мæлæт. Кæс-ма, бæрзæйкъул дидинæгау, уæртæ Æрхауд йæ сæр. Мæрдты Барастыр æй йæхицæн айста. Уый у ныр мæ быидар. Цæрынæн нал — мæлын хъæуы ныр мæн,— Мæ ис, мæ цард ныууадзон хъуамæ уымæн. П а р и с. Цæйбæрц бæллыдтæн ацы бонмæ, цæ, Æмæ мыл ныр куыд саудалынгæй сæмбæлд! Леди Капулет. Æлгъыст, æнамонд, хъизæмайраг бон. Æнамонддæр, тæссагдæр æмæ саудæр Нæма уыдис æгас дунейыл бон. Нæ исбон дæр æмæ нæ пыфс дæр уый уыд, Зыбыты иунæг, иунæг чызг æрмæст, Фæлæ хуыцау нæ фæкодта тæригъæд! 237
Дыджызае. О ме скæнæг, цæуылнæ бадæн куырм! Цы ’лгъыстаг бон у! О, цы ’лгъыстаг бон у! Æлгъыстаг бонты тæккæ ’лгъыстдæр бон! О стыр хуыцау, цæуылнæ бадæн саугуырм! П а р и с. Цы сæфт фæдæн, цы худинаг, цы сайд! Мæлæт, ды мын цы чъизи сайд фæкодтай, Æмæ зæххыл куыд ницыуал дæн ныр! Мæ рухс дуне! Мæ царды хур! К а п у л е т. Æлгъыстаг Фæци мæ сæр, фæцонгсаст дæн, фæмард. Кæцæй фæзындтæ, ацы ’намонд саубои, Нæ цины. бон ныббырсынмæ, кæцæй? Мæ хуры хай! Мæ удлæууæн, мæ зæрдæ! Цы мын фæдæ? Æз дæр ныр мард дæн, мард. Æнæ дæу ма цы хур феион æз хъуамæ? Бери Лоренцо. Æгъгъæд ут! Сабыр! Нæй кæуынæй хос Æнамонд бон. йæ мад, йæ фыдæн царди, Æмæ дзæнæтæн. Гъемæ ныр фæци Дзæнæты хай, æмæ йын уым хуыздæр у. Мæлæтæй йæ нæ бахызтат сымах, Дзæнæт та йын æнусон рухс цард ратдзæн. Иæ хъысмæтыл мæт куы кодтат æдзух, Цæмæй йæ рухс, бæрзонд дунейы фенат. Уæд ныр, дзæнæтон æврæгътæм куы стахт — Цæмæн ма йыл уæ цæстысыгтæ калут? Æвæццæгæн æй тынг нæ уарзтат, тынг, Æндæр ыл уæд нæ каликкат цæссыг: Сæдæ цæрынæй амæндтæ нæ кæлы, Хæрзамондджын æрыгонæй фæмæлы. Æгъгъæд кæут, æгъдаумæ гæсгæ ныр Хъæуы цæвæрын дидинджытæ мардыл Æмæ йæ уартæ аргъуанмæ — хæсгæ. Лæджы зæрдæ æнæбон у, дзыназы, Фæлæ йæ зонд тыхджын у, уый фæразы. К а п у л е т. Нæ фæнд, нæ хъавд цыдæриддæр уыди — Нæ рауади, æндæрырдæм фæци: Чындзæхсæв нал, фыдохы бон у. Зарæг Нæ хъуысдзæн, фæлæ дзæнгæрджыты хъарæг. Мах дидинджытæ саргъауынæн систам, 238
Ныр табæтыл æрцæудзысты æвæрд. Нæ фынгæвæрд та бахъæудзæни хистæн. Фæнд кодтам иу, æрцыди ныл æндæр. Б е р и Л о р е н ц о. Цæй, цом, уæдæ. Æхсин, ды дæр. Ды дæр, Нæ зынаргъ граф. Æрцæттæ кæиут марды, Хавссын æй хъæуы бавæрынмæ ныр. Уæ цæстысыгтæ ма калут æгæртæ,— Хуыцауæн уæм фæхъыг уыдзæн йæ зæрдæ. Кйпу л е т, л е д и Капу лет, П а р и с æмæ б е ри Лоренцо ацæуынц. М у з ы к а п т. Цыбырдзырдæй, уæдæ, трубаты пытътъыссæм сæ агъудты æмæ — цæугæ? Дыджызæ. Цæугæ, цæугæ, мæ къонатæ, цæугæ. Сымахыл не стæм. Акæс-ма нæ мастмæ. (Ацæуы.) М у з ы к а н т. Маст маст у, фæлæ иæм иугæр фæсидтысты, уæд фидгæ у. Бацæуы Петр. Музыканттæ, о музыкаиттæ, кафыны цагъд! Кæд уæ мæ зæрдæ балхæнын фæнды, уæд, уæ хорзæхæй, кафыны цагъд. М у з ы к а н т. Цæмæн — кафыны цагъд? Петр. Уымæи æмæ фырмæстæй мæ зæрдæ тъæппытæ хауы. Кафыны цагъд, уæ хорзæхæй. Исты рог цагъд, Бахъæлдзæг кæнут сагъæсаг æнамонды. Му з ы к а н т. Дзæгъæлы кæфтытæ дзы нæй. Петр. Ау, æмæ уæдæ нæ ацæгъддзыстут? М у з ы к а н т. Нæ. Петр. Уæдæ-ма кæсут уæхимæ, æз уæ ныйилæлæй кæнын кæион. 239
Музыкант Бахатыр кæн, фæлæ уый та куыд? Петр. Куыд, куы — уæ бынат уын ацамондзынæн, фугæ- наг гæвзыччытæ! М у з ы к а н т. А-а, хатыр айрох нæ ис къæбицы фæндаг. Петр. Цы, къæбицы? Багъæцут-ма, æз уын уе рæгътыл ахæм къæбиц ма нынныв кæнон, æмæ уæ ре-фа-ля дæр куыд айрох уа! М.у з ы к а н т. Цæвæр дæ хъама, уæздан адæм кæрæдзи цырг> ныхæстæй фергæвдынц. Петр. А, афтæ уæ фæнды? Уæдæ фæкæсут уæхимæ. Æз уæ худæгæй къæцæлтæ фестын кæнон. Зæгъут-ма: Куы фенын æз мæхи хуызæн мæгуыртæ Æмæ тыхсын куы байдайын æвас^т,— Æрмæст æвзисты музыкæйы мыртæ... Цæмæн «æвзисты»? Цæмæн «æрмæст æвзисты музы- кæйы мыртæ»? И,^ Симон Роддзарм? Музыкант. Уымæн æмæ æвзист æхцайы хъæр æхсызгон у лæ- гæн. Петр. Иттæг хорз. Дæумæ гæсгæ та, Кокыс Гъо-хъи? И н н æ м у з ы к а н т. Цæмæн «æвзист»? Уымæн æмæ музыкæйыл æвзи- стæй фæфидынц. Петр. Иттæз хорз. Ды та цы зæгъдзынæ, Яшкæ Бурдым? Иннæмузыкант. Зæдтыстæн, нæ зоныи. П ет р. Хатыр, хатыр. Чысыл ма бахъæуа булæмæргъ дæ фæцæйæнхъæлдтон. Уæ иу дæр æй нæ базыдта. «Æр- мæст æвзистын музыкæйы мыртæ» — уымæн, æмæ му- зыкæйыл сызгъæринæй нæ фыстæуы. Æрмæст æвзистын музыкæйы мыртæ Мæнæн мæ риуæй асурынц мæ маст. 240 (Ацæуы.)
Музыкант. Зæххои лæг уа, æви, миййаг, дæлимон? Иннæмузыкант. ; Нычъчъыртт-ма йын кæн йæ хæмхудтыл, Джёк. Цом буфетмæ. Тагъд цырагъдартæ раздæхдзысты æмæ уыдоиимæ хорз бахæрдзыстæм. Ацæуынц* 16 Шекспир
1СЦЕНÆ Мантуй. Уынг. Бацæуы Р о ме о. Ромео. Кæд ма лæгæн фыныл æууæндæн ис, Уæд мыл цыдæр егъау хабар æмбæлдзæн. Æз ацы бои æнахуыр хъæлдзæг дæн. Ныфсæвæрæг цыдæр тыхтæ мæ систой Сæ базыртыл, бæрзæндты мæ хæссынц. Æз федтон фып, цыма мæ уæлхъус фестад Мæ бинойнаг, æз та уыдтæн уæд мард Æмæ йæм мардæй кастæн. Стæй æваст Йæ хъарм батæй æрыгас дæи фæстæмæ Æмæ мæ скодтой дунейæн паддзах. Куыд диссаг у, цæйбæрц тыхджын у уарзын, Нæ хъуыддæгтæн куы вæййы хицау, уæд? Бацæуы Балтазар. А, Балтазар, хабæрттимæ Веропæй? Писмотæ нæй мæ берийæ? Куыд у Мæ удлæууæн? Кæнæ хъæмæ куыдтæ сты? Æнкъард кæд нæу, цыхуызæн у Джулеттæ? Цæй, тагъддæр дзур, кæд уый дзæбæх у, уæд Æппæтдæр хорз,— сæйрагдæр хабар уый у. Балтазар. Сæйрагдæр, о. Джулеттæ нал у тыхст. Æрынцади сæ мыггаджы зæппадзы. йæ уд та ис дзæнæтон зæдты ’хсæн. Куыд æй ныгæдтой, федтон уый мæхæдæг. Æмæ дæумæ хабаргæнæг фæдæи. 242
Ныххатыр кæн, уæззау хабар æрхастон, Мæ бон иæ уыд йæ бамбæхсын дæуæй. Ромео. Цытæ дзурыс! О рухс дзæнæты бадæг! Мæ уатмæ — тагъд. Фыссæн æмæ гæххæтт. Тæргæ-бæхтыл тæхæм хъæмæ иыртæккæ. Балтазар. Дæ удæн маст æгæр кæныс, æлдар. Дæ хуыз фæцыд, дæ цæстытæ арт уадзынц, Уый хорзмæ нæу. Р о м е о. Уый ницы у. Ныууадз Мæн иунæгæй, цы дын дзырдтон, уый бакæн. Уæдæ мæм нæй мæ берийæ писмо? Балтазар. Нæй, ме ’лдар, нæй. Р о м е о. Уæлдай нæу. Уæдæ уайгæ Æмæ — бæхтæ! Фæцæуын дæм рæхджы. " Б алт аз а р ацæуы. Джулеттæ, мах уыдзыстæм абон иумæ. Фæлæ куыд тагъддæр — ахъуыды хъæуы. Цы хорз кусы æнамонды бон хъуыды! Аптекæры æрбаймысыдтæн. Уый Хæстæг цæры. Æндæрæбон æй федтон Каердаег æвзаргæ. Тынг мæллæг, зæронд, Ныстæгдар и<с йæ мæгуыры хæррæгъты. Ис й ’аптечы уæртджын хæфс, крокодил, Стæй денджызон æнахуыр сырдтæ хусæй. Йæ хъуынахæст тæрхæджытыл уыдис Кæрдæджытæ, æвгты цъæлтæ, уидæгтæ, Саст дурынтæ, стæй къоппытæ пырхæй, Бæндæны скъуыдтæ, цавæрдæр цъæххостæ,— Тæригъæддаг мæгуыр фæллæйттæ, лæг Æрмæст тыхстæй кæй равдисид уæййагæн, Уæд иу хорз фæнд мæ хъуыдыйы фæзынд: Цымæ, зæгъын, ныр мантуйаг закъоитæ Уæй кæнын кæй нæ уадзынц, ахæм марг Лæджы æхсызгон истæй тыххæй бахъуыд, Уæд ацы ’намонд рауæй кæнид уый. Куыд хорз уыди, кæй æрлæууыд мае зæрдыл! Ныртæккæ йе ’ххуыс бахъæудзæни мæн. Иæ халагъуд, æнхъæлдæн, мæнæ ай у. 24ч3
Бæрæгбон у, йæ дукани — æхгæд.— Аптекæр, гъей, аптекæр! А п т е кæр рацæуьи Аптекæр. Циу, кæй хъæуыи? Р о м е о. Æрбацу-ма. Уынын, мæгуыр дæ ды. Ам ис фæндзай дукаты. Марг мьш рахæос. Хъæуы мæн хос, стæй ахæм хос, лæгæн Æххæст æрынцой чи дæтта йæ цардæй, Улæфт кæмæй фæхъус вæййы æваст, Лæгæн йæ уд кæмæй атæхы буарæй, Раст мæнæ сармадзаны сау дзыхæй Æфсæн нæмыг куыд тагъд атæхы, афтæ. Аптекæр. Ис ахæм марг, фæлæ ам, Мантуйы Йæ уæйгæнæгæн марыны тæрхон и. Ро м е о. Гæвзыкмæ дæр зынаргъ кæсы цæрьш? Дæ уадултæ ныххаудтой де стонг цардæй, Дæ цæстытæ æфхæрды каст кæиынд, Дæ мæгуырдзинад дæу æркъæлæт кодта. Нæ дуне дæм хæрам. Иæ закъон нæу Дæ хъахъхъæнæг. йæ уавæр дын нæ ратдзæн Хъæздыгдзинад, Куыд фæнд кæныс, уæдæ? Фæхыл у дунеимæ, фехал закъои, Айс, бамбæхс де ’хца æмæ сбонджыи уай. А пте кæр. Æз сæ нæ исын — тыхстдзииад сæ исы. Р о м е о. Æз дæр дæуæн нæ — уымæн сæ дæттыи. Аптекæр. Гъа, мæнæ хос. Чысыл æй доньтл баитау, Æмæ дæм фод сæдæ уды, уæддæр Йæ иунæг хуыппæй федзæммард уыдзысты. Ро м ео. Сызгъæрин айс, тыхджьшдæр марг у уый Æмæ егъаудæр фыдбылызтæ ратты Дæ конд æназым хосæй. Ды мæнæн Нæ радтай марг, æз дын дæхицæн радтон. Хæринаг балхæи æмæ суай хæрзхуыз.— Дæу та, мæ хос, æз ахæсдзынæн размæ Æмæ тæхын Джулеттæйы зæппадзмæ. Ацæуы. 244
2 СЦЕНÆ Бери Лоренцойы ныккæнд. Бацæуы бери Джованни. Бери Джованни. Фарн ам, нæ сыгъдæг æфсымæр! Кэем дæ? Бацæуы б ери Лор енцо. Б е р и Л о р е н ц о. А, уый ды куы дæ, ме ’фсымæр Джованни! Æрбаздæхтæ? Цы фæдзæхсы Ромео? Цы мæм фыссы? Æри-ма тагъд йæ фыстæг! Бери Джованни, Ам рынчынтæм цы бери кæсы ныр, Уый хъавыдтæн æз ахонынмæ мемæ. Р1æ хæдзары уыдтæн æмæ йыл уым Фæхæст дæн, фæлæ хъахъхъæнджытæ маадл Ныхгæдтой дуæрттæ: горæты, дам, рын Кæмдæрты стьшг æмæ цæуæн нæй уынгты,— Ома, миййаг, куы рахæлиу уа рын, Æмæ пæ уыдон нал рауагътой уынгмæ,— Мæ бои нæ баци Мантуймæ цæуын. Б е р и Л о р е н ц о Уæдæ мæ фыст Ромеойыл куыд сæмбæлд? Бери Джованни. Ам рын хæссынæй ахæм тас уыди,— Нæй, й ’арвитын нæ бафтыди мæ къухы. Гъа, мæпæ ис, фæстæмæ айс дæ фыст. Бери Лоренцо. Æнамонд хабар! Хъазæн ми куы нæ у. Ам, фыстæджы бæрнон цыдæр ис фыст. йæ фæстиатæй стыр бæллæх æрцæудзæн. Цæугæ-ма, ссар, æфсæйнаг мæцъис тагъд Æмæ йæ рахæсс ныккæндмæ, Джованни. Бери Джованни. Цæуын ныртæккæ. (А цæуы.) Бери Лоренцо. Иунæгæй цæуын Мæн бахъæудзæни зæппадзмæ. Джулеттæ Куы рабада, нæ мын ныббардзæн уæд, Ромеомæ кæй нæ фæхабар кодтон. Дыккаг хатт дæр æм арвитдзынæн æз.
Уæдмæ та уал нæ зæппадзы уацары Мæхи ныккæнды бамбæхсдзынæн тары. Ацæуы. 3 С Ц Е Н Æ Уæллгæрдтæ. Копулетты мыггаджы зæппадз. Бацæуыщ Пар ис æмæ йæ паж æд цырæгътæ, æд дидинджытæ. П а р и с, Æри мын рухс. Цу ныр. Уæвгæ, фæлæуу. Рухс афу кæн,— миййаг, куы зынæм кæртмæ. Цу, уæртæ бæрзбæласы бын ныххуысс, Хъус зæххыл сæвæр æмæ хъус фæйнæрдæм: Зæхх а уæлмæрдты афтид у бынæй Æмæ дзы сабыр къахдзæф дæр хъæр кæны. Уынæр куы ссæуа, фехситт-иу кæн уæд. Æри ныр дидинджытæ æмæ ацу. П а ж (фæрсмæ) Тæрсын зыбыты иунæгæй. Тæрсын. -Ингæнтæ ’рмæст. Дæлбайраг дæн, ныллæууон. (Иуварс ацæуы.) П а ри с. О дидинæг, хуысс дидинджыты ’нцад. Дæ хуыссæн у æртхутæг æмæ дурæй. Æз та кæуын, мæ цæстысыгты цад Æнæбын фурдау абузы мæ хурыл. Мæ цæстытæ нæ бацъынд уой кæдмæ, Дæуæн хæсдзыиæн дидинæг уæдмæ. Паж æхситт кæны. Æхситт фæцыд. Æрбацæуы нæм чидæр. Кæй æрбахæссы хæйрæг æмæ мæн Дзæбæх фæкæуын цавæр лæг нæ уадзы? Уæд рух-с та куыд? Æрæмбæхсон ^ал ам. (Æмбæхсы къутæры.) Бацæуынц Р о м е о æмæ Балт азар цырагърухс æмæ къахæнтимæ. Р о м е о. Æри мын къахæн æмæ дзомс. Гъа, айс 246
Фыстæг мæ фыдмæ. Райсом-иу æй бахæсс Сæумæцъæхæй. Æри дæ цырагъ ныр.у Слæуу уартæ уым æмæцыфæнды ’рцæуа, — Дæ хъуыддаг нæу æмæ-иу дæрддзæф лæуу. Æз уый тыххæй æрцыдтæн а ныккæндмæ, Цæмæй ам фенон ме ’фсины цæсгом Æмæ йын ноджы рафтауон йæ цонгæй Зынаргъ дзаума,— æхсызгон хъæуы мæн. Уæдæ цæугæ æмæ фæстæмæ ма кæс, Йе ма раздæх мæ хъахъхъæнæг, миййаг, Кæнпод дæ ам ныккæндзынæн къабазгай Æмæ дæ кæрты байтаудзынæн. Æз, Раст ахсæвау, тæссаг æмæ тызмæг дæн. Æдзух мæсты дæн денджызон хъызтау, Æххормаг франкау — бахатыр иæ зонын. Балтазар. Кæсын дæ коммæ, сэр, æмæ цæуын. Р о м е о. Хуыздæр у, ме ’рдхорд. Айс, лæвар дын мæнæ. Хæрзбои, цæрддзу лæг. Амондимæ цæр. Балтазар (фæрсмæ). Цæй, бамбæхсон ам, къутæрты рæбын: Йæ хуыз æмæ йæ ныхæстæй тæрсын. (Ацæуы.) Р о м е о. О удхæссæг, æнæбафсис мæлæт, - Ды бахордтай зæххон дыргъты хуыздæры, Фæлæ дын æз дæ хъæлæсы уæддæр Ныннæмон хъуамæ ног хæринаг ахсæв. (Бакæны зæппадзы дуар.) П а р и с. Монтек у уый, мæ каистæн сæ туджджын, Джулеттæ мын цæссыгкалгæ мæрдтæм Кæй фыдæй бацыд. Æмæ цъаммар ноджы Ныр мæрдтæй дæр фæхъазынвæнд кæиы. (Размæ ралæууы.) Монтек, æрлæуу! Стæй дарддæр сыгъдæг удтæй! Ау, мæрдтæй дæр фæисы лæг йæ маст? Тæрхонгондæй сырдау фæлидзæг, ахст дæ! Мæ фæдыл цом. Æрцæудзынæ ныр мард. Р о м е о. Ды раст зæгъыс, мæлынæн дæн æз ам дæр. 247
Æмæ ды дæр дзæбæхæй айс дæхи. Уæлдай æрра мæ мауал кæн. Æ^гъгъæд у Дыууæ марды. Цæмæн ма сæ фæзйыс? Æртыккаг хатт мæ мауал кæн лæгмарæг. Дæу уарзын æз мæхицæй дæр фылдæр. Æз ацы ран тæрхон кæнын мæ удæн. Цæугæ, мæ хур. Дзæбæхæй лидзгæ иыр. Рынчын æрра дын бакодта хатыр. П а р и с. Дæ ныхас дын æлгъæй фæстæмæ здахын, Æмæ ныр дæ закъонмæ гæсгæ ахст. Р о м е о. Ау, афтæ хъавыс? Уæдæ кæс дæхимæ. (Хæцынц кæрдтæй.) П а ж. Дуэль сын и. Ныхъхъæр кæнон фæдис. (Ацæуьи) П а р и с. Мæлын. (Æрхауы.) Кæд дурæй конд нæ дæ, уæд курын, Джулеттæйы зæппадзы мæ цæвæр. (Амæлы.) Р о м е о. Цæвæрдзынæн дæ. Стæ-ма, цымæ чи уа? Меркуцы ’рвад, æнамонд граф Парис! Цымæ фæндагыл саргъы бæхтыл ардæм Куы цыдыстæм, цы мын дзырдæуыд, уæд? Парис æмæ Джулеттæйы чындзæхсæв Уыди, цыма мын загъта? Æви нæ? Кæд уый, миййаг, мæ мидвынæйæ федтон? Æви йын кæд, мæлæты размæ уый Фæстаг фæдзæхст уыд? Цæй, дæ къух мæм авæр. Нæ хъысмæт махæн иу рæгъы фыст у. Дæ хуыосæн ингæн тынг рæсугъд уыдзæни. Ингæн? Нæ, нæ, цæхæркалæг гæнах. Уым астæуæй æнцад хуыссы Джулеттæ Æмæ кæны йæ рухсæй зæппадз рухс. Хуысс афтæ, мард, дæ ныгæнæг дæр мард у. (Парисы æвæры зæппадзы.) Дзырдæуыд мын, мæлæты размæ, дам, Цæмæндæр бафтыд иуæй-иутыл худын, Æмæ, дам, уый мæлинагæн вæййы 248
Хæрзбонгæнæн изæрæхсид. Ныр æй Æз бавзарон, æцæг вæййы зæрæхсид! — Мæ удæнцой! Мæ царды хур! Мæлæт, Мыдау, дæуæн кæдбацъырдта дæ улæфт, Дæ рæсугъд дын нæ батыдта уæддæр, Нæ дыл фæтых, дæ былтæ ’мæ дæ рустыл Нырма сæнтсырхæй пиллон калы цард, Нæма сдардта мæлæт йæ урс тырыса. Ды дæр дæ ам, сырхмæрддзагджын Тибалт? Дæ бонæй уай, цы ’хсызгон дын æрхастон! Кæс-ма, дæу цы къух афæлдæхта, уый Дæ марæджы куыд фæлдахдзæн ныртæккæ.— Ныххатыр кæн, Джулеттæ, афтæ тынг Рæсугъд цæмæн дæ? Афтæ мæм фæкæсдзæн, Цыма дæ ’рхаста цардæгасæй зæд Æмæ дæ скодта ам йæхицæн уарзон. Нæ, иу зæд дæр нæ байсдзæн дæу мæнæй. Æз ардыгæй ныр аздæхинаг иал дæн. Хуысдзынæн ам, къуыдыр кæлмыты ’хсæн Дæ ног лæггадгæнджытимæ. Ныр хъуамæ Ныууадзон ам æз ме ’нæмæлгæ уд Æмæ зæххон хæс ме рагъæй æрисон. Мæ цæстытæ, фæстаг хатт æм кæсут! Фæстаг хатт ыл æрбатыхсут, мæ къухтæ! Былтæ, сымах зæрдæйы дуæрттæ стут Æмæ сыгъдæг æнусон ба ныккæнут Нæ иудзинад ныффидары тыххæй. Ныр ардæм, ардæм, тарæрфыг мæрдласæг! Дæ бæлæгъ ратæр абмæ йæ ныссæтт Зындойнаг сау кт>æдзæхтыл. Уарзондзинад, Дæу тыххæй нуазын. (Нуазы марг.) Раст рауад дæ дзырд, Аптекæр! Багæнгæ мæ мæлæт арын. (Амæлы.) Уæлмæрды иннæрдыгæй бацæуы б ер и Лор енцо, ис æм цырагъ, дзомс æмæ фиййаг. Бери Лореицо. Сыгъдæг Франциск, æххуыс мын бакæн, ам Куыд нæ ныххауон уæрмы. Чи дæ, хорз лæг? Балтазар. Тæрсгæ мæ ма кæн, æз дæу зонын хорз. 249
Бери Лоренцо. Хæрзæгджын у. Зæгъ-ма, мæ хæлар, къуымы Æнæхъуаджы кæй цырагъ кæны рухс Сæры стджытæ ’мæ уаллæттæн? Цыма Уый Капулетты уæлмæрды и? Балтазар. Уым и, Нæ сыгъдæг фыд. Мæ хицау бацыд уырдæм. Дæ хæлар. Бери Лоренцо. Чи? Балтазар. Ромео. Б е р и Л о р е н ц о. Раджы уыд? Балтазар. Æрдæгсахат... Бери Лоренцо. Цом зæппадзмæ мæ фæдыл. Балтазар. Нæ, нæ. Мæ хицау ма базона хъуамæ, Кæй уыдтæн ам. Æртхъирæнтæ мæм кодта, Куы баззайон æмæ куы кæсон, уæд. Б е р и Л о р е н ц о. Цæй, лæуу, уæдæ. Æз æм цæуын. Мæ зæрдæ Тæрсы, цыма егъау бæллæх æрцыд. Балтазар. Æз къутæрты уыдтæн æмæ мæм хъуькти,— Мæ хицау уым кæйдæримæ фæхыл Æмæ йæ кардæй амардта. Бери Лоренцо Ромео! (Бацæуы зæппадзмæ.) 0 ме скæнæг! Кæй тугвæд уа, цымæ Ам, ингæны раз, къæйдуртыл? Уæд ай та? Кæй тугæйдзаг кæрдтæ æрхаудтой ам Иæ бацæуæны зæппадзæн? (Бахизы зæппадзы хуылфмæ.) Ромео! Дзыхъмард у. Иннæ та? Куыд, граф Парис? Иæ туг ныккалд? Цы сау хабар уыдаид? Фæлæ нæ фынæй райхъал. 250
Джулеттæ райхъал вæййы. О нæ фыд, Кæм и мæ лæг? Кæм уæвын мын æмбæлы, Уый хатын хорз, æмæ ныр уым дæн æз. Æдде цæуы уынæр. Фæлæ кæм и Ромео? БериЛоренцо. Хъусыс, чидæр Æрбанæуы æмæ нæ фендзæн. Цом, Цом тагъддæр ацы удмарæн къуымæй, Мæлæты, низы ахстонæи. Мæ тыхæй Егъаудæр тых фæразæй ис. Цæй, цом. Дæ къæхты раз хуыссы дæ мойаг мардæй. Æмæ Парис. Фæтындз. Уыдзынæ ды Дæ цæрæнбонты моладзан. Цом тагъддæр. Д ж у л е т т æ. Цу иунæгæй. Æз ам лæууын, нæ фыд. Б е р и Л о р е нцо ацæуы. Цы балвæста йæ къухты та? Чысыл авг? Ау, марг банызта? Ехх, фыдгæнæг, йе! Фæци йæ нозт, нæ дзы ныууагъта ’ртах дæр! Фæлæ нырма йæ былтыл марг уыдзæн. Уæдæ, цæй, былтæн акæнон фæлмæн ба (Ромеойæн ба кæны.) Æмæ уæд уымæй ссардзынæн мæлæт. Куыд хъарм ма сты! Фыццаг хъахъхъæнæг. Цы ран уыди? Цу разæй, Дзæбæх лæппу. Джулеттæ. Кæй хъæлæс хъусын уый? Фæуын хъæуы. Фæлæ мын мæнæ хъама. (Фелвасы Ромеойы кард.) Хуысс кæрддзæмы. (Йæ риуы йæ ныссадзы.) Лæуу ам, æз та — мæлгæ. (Æрхауы Ромеойы мардыл æмæ амæлы.) Бацæуынц хъахъхъæнджытæ Парисы паж
Паж, Раст ам уыди. Иæ цырагъ далæ сагъдæй. Фыццаг хъахтьхъæнæг. Ам туг? Зæппадзы баджигул кæнут. Кæуыл фæхæст уат — се ’ппæты дæр — ахсгæ! Уæззау ныв. Мæнæ мардæй граф Парис. Стæй мæнæ хъармæй тугæйдзаг Джулеттæ, Кæд уыд ныгæд æндæрæбон, уæддæр. Фæдзурут кънйазмæ. Бадзур Капулетмæ. Монтек дæр сыстæд. Зæппадзыл æртыхсут! Цы уынæм ам, уый хъуыддаджы кæрон у, Йæ райдайæн ын хъуамæ ссарæм мах. Цалдæр хъахъхъæнæдоюы баздæхынц Балтазаримæ. Дыккаг хъахъхъæнæг. Ромеойæн й& фæсдзæуины ссардтам. Фыццаг хъахъхъæнæг. Хæцут ыл ахстæй кънйазы ’рцыдмæ ам. Иннæ хъахъхъæнæ г бйкæны б е р и Л о р енцойы. Æ ртыккаг хъахъхъæнæг. Бери дæр ахст у. Ниуы ’мæ дзыназы. Уыдис йæ къухты дзомс æмæ фиййаг. Æрцыдис ахст та уæлмæрдты дæллаг фарс. Фыццагхъахъхъæнæг. Йæ зылынгæнæн аххостæ иттæг Егъæуттæ сты, æмæ нæма у уадзгæ. Бацæуы гер цо г фæсдзæуинтимæ. Г е р ц о г. Цы ’нафоны фыдæбойнаг хъуыддаг Мах сыстып кодта афтæ раджы уатæй? Бацæуынц Капул ет, лед и Капул ет æмæ иннæтæ* К а п у л е т. Цы хъæр кæнынц, æмбырдтæгæнгæ, адæм? Леди Капулет. Фæйнæрдæм уайынц æмæ хъæр кæнынц Æмткæй: «Парис», «Ромео» ’мæ «Джулеттæ», Нæ мыггаджы зæппадзмæ нын бырсынц. Г е р ц о г. Цы ’рцыдис ам? Фыццаг хъахъхъæнæг. Хуыссы Ромео мæнæ,
Парис та мæнæ. Ай та, кадджын герцог, ’ Джулеттæ у, æндæрæбоны бавæрд, Нырма у хъарм æмæ та ногæй — мард. Гедцо г. \ Æрзилут æмæ фыдгæнæджы ссарут! Фыйцаг хъахъхъæнæг. \ Ромеойы фæсдзæуин æмæ бери V Сты мæнæ ам. Уыди сæ къухты къахæн \ Æ мæ фиййаг. Ам ингæны дуар саст Æрцыд æнæмæнг уыдонæй. К а п у л е т. Хуыцау! Усай, кæс-ма, нæ чызг куыд мæцы туджы! Мæ зæрдæйы цæуылнæ иыссагъд кард! Йæ кæрддзæм у Монтекы фарсыл ауыгъд, Йæхæдæг та мæ чызджы риуы сагъд. Леди Капулет. Охх, атæппæт дзæнгæрджыты зæллангау Цæгъды мæ хъусты иу хъуыды: мæлæт. Баиæуынц Монтек æмæ иннæтæ. Г е р ц о г. Монтек, ды раджы рабадтæ, фæлæ Сæухуры скастмæ аныгъуылд дæ хъæбул. М о н т е к. Мæтмард фæци мæ бинойиаг; йæ фырт Кæй æрцыд хаст, нæ бафæрæзта уымæн. Фæлæ-ма мæм цы бæллæх кæсы ног? Г е р ц о г. Æркæс æмæ йæ фенай. Монтек. О æнæхсæст! Дæ фыды разæй сау ингæнмæ бырс! Г е р ц о г. , Уæ маст æмæ уæ кæуынæй фæхъус ут. Цæмæй сын с ’аххос базонæм бæлвырд, Æз хъуамæ ссарон фыдгæндæн йæ уидаг, Æмæ бæлвырд куы сбæрæг уа, уæд-иу Мæлат, цæрат — цы уæ фæнда — уæхи бар. Нырма, мæстджынтæ, ма дзурут сымах, Кæм ысты уыцы гуырысхойаг адæм? Бери Лоренцо. Сæйраг, цыма, æназымæй æз дæн. 253
Фыццаг æркастæй аххосджын æз зынын. Уæ разы дæн дыууæ лæджы хуызы: Зылынгæнæг æмæ зылын кæнинаг, Цæмæй мæхи фæзылын кæнон ам Æмæ фæстæмæ сраст кæнон уæ разы. Герцог. Уæдæ нын дзур: цы зоныс а хъуыддагæн? Бери Лоренцо. Цыбырæй дзурын, даргъ ныхасы фаг Æнæуи дæр мæнæн мæ улæфт нал у. Уæ разы мард Ромео уыд йæ лæг Джулеттæйæн. Джулеттæ та — йæ куырд ус. Æз та сæ сусæг саргъауæг. Тибалт Куы фæци мард, уæд хаст æрцыд Ромео, Йæ бафидыды хæд фæстæ. Куыдта Джулеттæ уæд Тибалты мардыл нæ, Фæлæ Ромео хаст кæй æрцыд, ууыл. Уæд æй йæ маст ныссабыры тыххæй Сымах фæнд кодтат раттынмæ Парисæн. Уæд уый мæнмæ фæзынд æмæ куырдта Дыккаг фидыдæй фервæзыны мадзал, Кæд нæ5 уæд кодта марынвæнд йæхи. Уæд ын æз радтон, ахуырады скæнгæ Фынæйы хос. Мæ фæнд куыд уыдис, афтæ Чызг бафынæй, цыма æцæгдæр мард уыд. Ныффыстон æз Ромеомæ фыстæг, Зæгъын, фæзын дæ бииойнагмæ ахсæв, Æмæ куы ’рчъица, акæн-иу æй уæд. Нæ рауад афтæ. Ме ’намондæн, бери, Фыстæг хæссын кæмæн бакодтон хæс, Уый ам ныссагъд, Ве^зоны, æмæ фыстæг Фæстæмæ радта. Мæгуыр ахст чызгæн Уыди йæ тæккæ райхъал кæнæн афон Æмæ тындзгæ æрбацыдтæн, цæмæй Ромеойы æрбаздæхынмæ бада Мæ ныккæнды. Фæлæ нæ рауад уый. Йæ райхъалæй дыууæ минуты раздæр \ Æрбахæццæ дæн ардæм æмæ ам Уыдысты мард Парис æмæ Ромео. Фæлæ уæдмæ чызг райхъал ис, мæ бон Цæйбæрц уыд, уыйбæрц хатын æмæ курын, Цæмæй мæ фæдыл рацæуа, цæмæй Иæ хъысмæтыл ысразы уа, стæй кæрты Куы стынг и хъæр, уæд айстон æз мæхи. 254
Нæ йæ фæндыд цæуыч æмæ йæхицæк, Æвæццæгæн, ам равзæрста мæлæт. Æз дзырд фæдæн. Сæ сусæг фидыд уын Бæрæг у иыр. Кæд ацы стыр бæллæхы Æз истæй бæрц дæн азымджын, уæд мын Уæ раст тæрхон, мæхи мæлæты размæ, . Мæ царды хал фæцыбырдæр кæиæд. Г е р шо г. ) Зыдтам дæ мах кæддæриддæр рæстудæй. Цы нын зæгъдзæн Ромеойы æххуырст та? Балтазар. Куы амарди Джулеттæ, уæд æваст Ромеомæ фæхабар кодтон. Уайтагъд Тæргæ-бæхтыл æрбахæццæ стæм мах Раст ^антуйæ нæ зæппадзы къæсæрмæ. Йæ фкдæн мæм фыстæг ныууагъта,— ам Мæхи’мæ ис,— æмæ тызмæгæй загъта, Цæмæй йæ цурæй айстаин мæхи. Г е р ц о г. - Æри-ма фыстæг, фенæм æй, цы фыссы. Уæд фæдисгæнæг графы паж кæм й? Цы ми кодта дæ хицау ам? П а ж. Æвæрдта Йæ марл усагыл дидинджытæ. Мæн Тызмæгæй иуварс арвыста йæхицæй. Уæд иу чидæр æрбафтыдис æд рухс Æмæ йæм кард фæцъортт кодта мæ хицау. Æз та фæдис хъæр кæнынмæ фæдæн. Г е р ц о г. Æвдисы фыстæг берийы рæстдзинад. Фыссы Ромео, йе ’фсины мæлæт Куы фехъуыста, куыд балхæдта йæхицæн Марг иу мæгуырæй æмæ уыцы марг Куыд баназдзæн Джулеттæйы зæлпадзы. Цы ми кæиут, ныффидыд кæмæн нæй, Гъеуыцы дыууæ тугкалæг мыггаджы? Цы зонд уын у, хæрам мыггæгтæ, цы, Кæд уæ хуыцау кæрæдзи уарзтæй мары! Мæхи хæстæг дæр мард фæци сымах Гуымиры митæй. Алчидæр фæхайджын. 1( а п у л е т. Дæ къух мæм ратт ныххæцынмæ, Монтек. Мæнæн цы уыд, дæуæн дæр уый — Джулеттæ. 255
Монтек. Сызгъæринæй йын сæвæрдзынæн цырт. Хуина нæ горæт цалынмæ Веронæ, Уæдмæ хуыздæр нæ уыдзæн уым æвæрд Джулеттæйы бæрзонд цыртæй. Ка пу л ет. Йæ фарсмæ Ромеойæн дæр самайдзыстæм мах Сызгъæринæй йæ номдарæн гæнах. Г ерцо г. Уæ фидыд уын мæйдар æхсæв æмбæрзы. Бæзджын æврæгътæй хуры цæст нæ кæоы. Цом, бахынцæм, кæмæ цы ’рхаудта маст, Стæй базонæм, зылын чи у, йе — раст. Æрмæст уæ цардæй адæймаг нæ федта Кæуинагдæр, Ромео ’мæ Джулеттæ. ]
Л Р X А Й Д Ж Ы Т Æ Клавди, Данийы къарол. Гамлет, фыццаг къаролы (пыры къаролы æфсымæры) фырт. Фортинбрас, норвегаг принц. Полони, къаролы сæйраг уынаффæгæнæг, Гораци, Гамлеты хæлар. Лаэрт, Полонийы фырт. Вольтимаыд 1 , . ,. } късролы фæсозæиинтæ. Корнели / г Розенкранц ) Гильденстсрн Р<*здæр Гамлеты университетои æмоæлттæ. Озрик. Уæздан. Сауджын. Марцелл } т^ > афицертæ. Беризрдо ) > * ’ Фрапциско, салдат. Рейнальдо, Полонийы хæстæг. Актертæ. Дыууæ ингæпкъахæджы. Æндар, Гамлеты фыды аууон (сих). Капитан. Англисаг минæвæрттæ. Гертрудæ, Данийы ус-паддзах, Гамлеты мад. Офслн, Полонийы чызг. Лордтæ, афицертæ, салдæттæ, матростæ, фидиуджытæ, хъахъхъæн- джы тæ, фæсдзæуинтæ. Лрхайд цæуы Эльсиноры.
жкт IСЦЕНÆ Эльсинор. Фæз галуаны раз. Франциско лæууы хъахъхъæиæг. Бацæуы Б е р нар д о. Б е р н а р д о. Уый чи дæ? Франциско. Нæ, дæхæдæг чи дæ — ма змæл! Дæ къухтæ сдар! Бернардо. Æгас цæуæд къарол! Франциско. Бернардо? Бернардо. Æз. Франциско. Раст афоныл фæзындтæ. Бернардо. Цæгъды дыууадæс. Ацу æмæ схуысс. Франциско. Кæй мæ раивтай — бузныг. Дымгæ схъызыд. Тынг баргъæвстæн. 259
Б е р н а р д о. Куыд, сабыр уыд? Франциско. Мыст дæр Нæ фезмæлыд. Бернардо. Цæугæ; уæдæ, фæндагыл КуЬ1 фембæлай Го|>ац«йыл, кæнæ Марцеллыл, уæд фæтагъд кæнæнт. Франциско. Тс-с, хъус: Цæуы сæ ныхас— Гъей, æрлæуут, чи стут? Бацæуынц Гораци æмæ Мар целл, Гор а ци. Бæсты хæлæрттæ. Ма р це л л. Данийы фырттæ. Франциско. Хæрзæхсæв ут. М ар це л л. Зæронд, фæндараст у. Дæ ивæг чи у? Франциско. Мæнæ ис, Бернардо. Хæрзæхсæв. (Ацæуы.) М а р це л л. Эй! Берйардо! Бернардо. Куыд, Гораци Ам, демæ ис? Г о р а ц и. Иæ чысыл хай. Бернардо. Салам Горацийæн. Салам, Марцелл. М а р це л л. Зæгъ-ма: Фæзынд та дысон уыцы ’ндар? Бернардо. Нæ федтон. 260
а р це л л. Гораци йæ нæхи фантази хоны,— Дыууæ хатты тæссаг æндар кæй федтам, Мæнг хоны уый. Æрбахуыдтон æй æз,— Уадз, ахсæв ам фæхъахъхъæна йæхæдæг Æмæ та кæд фæзына æндар, уæд 1 Уадз, бакæса æмæ-иу йæм фæдзурæд. Гор апи. Мæнг у, нæ фæзындзæн. Бернардо. Æрбадæм, цæй, Æмæ дæ хъустæ баууæндыймæ схъил кæн, Æз дын бæстонæй радзурои, мах ам Цы ’нахуыр аууон федтам, ууыл. Гор а ци. Бадгæ, Уæ хорзæхæй. - Бернардо, хъусæм мах. Бернардо. Æндæрæхсæв, раст уалæ уыцы стъалы Бæрзонд арвыл цæг&трæбын куы ссыгъд, Æмæ ныр кæм ис, уым цæхæр куы скалдта, Уæд ам, сахатыл æзæмæ Марцелл... Æ нд а р бацæуы. М а р це л л. Тс-с, сабыр! Кæс, æрбацæуы та! Бернардо. Диссаг! Уындæй — сыгъдæг нæ рухсаджы къарол! М а р ц е л л. ч Ды ахуыргонд дæ, сдзур-ма йæм, Гораци. Бернардо. Цæй, куыд— зæгъ-ма^ къаролы хуызæн нæу? Го р а ци. Йæ халдих раст! Мæ зонд фæхæццæ, ризын. Бернардо. Кæсы æнхъæлмæ. М а р цел л. Бафæрс æй, Гораци. Го р а ци. Зæгъ, чи Дæ, цавæр,— Данийы къарол Мæрдты куы ис, уæд ахсæв дæу æнафон Цы сæрæи’бахъуыд уый хуызы цæуыи? Зæгъ нын, хуыцауæй курæгау дæ курæм! 261 л
М а р ц е л л. Хъьгг æм фæкаст. Бернардо. Фæиуварс и, кæс-ма. Го р а ци. Æрлæуу! Дзуапп ратт, лæгъстæгæнгæ дæ курщш Æ ндар ацæуы. Марцелл, Фæаууон ис æмæ нæ радта дзуапп. Бернардо. Цæй, куыд, Гораци? Мауал æм кæс джихæй. Æрмæст хъуыдыты февзæргæ ныв у? Цы зæгъдзынæ? Гор а ци. Хуыцауæй ард хæрын: Нæ баууæндин, мæхи цæстæй йæм афтæ Нæ кастæн, уæд. Ма р це л л. Къаролы хуызæн нæу? Гор а ци. Сыгъдæг йæхæдæг, стæй йыл кæд уыдысты Норвегагимæ хæцгæйæ йыл конд Цы згъæр хæдон, цы хотыхтæ уыд, уыдон. Тызмæг, раст мæнæ польшæйаг æфсад Цы бон пырх кодта ихы уæлæ, уыйау. Æнахуыр цау! М а р це л л. Раст ацафон фæзынд Дыууæ хатты, нæ цурты цæугæ, ды-сон. Г о р а ц и. Цы уын зæгъон — бæлвырд нæ зонын æз, Фæлæ, цыма, нæ паддзахадыл сомбон 'Цыдæр тæссаг фыдхабæрттæ цæудзæн. Ма р це л л. Чысыл æрбадæм. Чи мын зæгъдзæн, айбæрц Æхсæв цæмæн ис хъахъхъæнæг æвæрд, Фæлмæцгæ дзы куы кæныиц адæм, уæд? Цæмæн уадзынц æрхуыйæ сармадзантæ. Цæмæн ласæм æддейæ хотых, йе — Æрвылбон наутæ аразæг дæснытæ Цæмæн кæныиц фæйнæрдыгæй æмбырд? Сæ хид æдзух цы тагъд хъуыддагыл калынц, 262
Æхсæв уа, бон — куы нал æвзарынц, уæд? Чи мын зæгъдзæн? Горади. Æз бавзардзынæн. Ахæм Хабар цæуы: къаролæн, дам,— ныр ам, Нæ тæккæ раз кæй æндар сыстад, уымæн,— Хæст расидтис норвегаг Фортинбрас. Фæуæлахиз хъæбатыр Гамлет хæсты Æмæ йæ ном нæ дунейыл ныхъхъæр. Фæмард и знаг. Фæлæ уыд бардзырд се ’хсæн, Мыхуыр æмæ уæздан æгъдæуттæй фидар,— Зæгъгæ дзы мард куы фæуа Фортинбрас, Йæ зæххытæн уыдзæн уæд хицау махон. Йæ ныхмæ йын нæ паддзах дæр цъынды Æрæвæрдта æнæкæрон зæххытæ,— Уыдаид ныр сæ хицау Фортиибрас, Нæ фæмард, уæд. Гъеуымæ гæсгæ рахауд йæ зæхх æгасæй Гамлетмæ. Ныр бавдæлд Йæ бындайраг фырт, кæстæр Фортинбрас — Æрдзæй æвирхъау загъдкъахæг,— къæбæрыл Лæт чи амардзæн, ахæмтæй æфсад Норвегийы æрæмбырд кодта бирæ,— Сæ хабæрттæ нæм сусæгæй цæуынц, Сæ хъавд у иу: тыхæй нæ хъуамæ байсой, Сæ фыдæй нæм цы зæхх æрбафтыд, уый. Гъе ахæм у, мæнмæ гæсгæ, йæ аххос Æфсæдтæ нæм кæй æмбырд кæнынц тагъд, Кæй лæууæм мах дæр хъахъхъæнæг æмæ Нæ бæстыл цард æнæнцой кæй у, уымæн. Бернардо. Уый раст уыдзæн. Фыдуацхæссæг æндар Нæ зилы уæгъды ’хсæвгæстыл æд гæрзтæ Къаролы хуызы,— уый уыдис уæд дæр Æмæ ныр дæр уæззау хæстытæн аххос. Го р а ци. Мæ зæрдæйы ныссагъд къарол сындзау. Куы ма уыд Рим уæлахиз æмæ фидар, Уæд Цезæры мæлæты размæ бон Ысафтид ысты ингæнтæ, уæд мæрдтæ Дзынæзтой уынгты, тасдзинад æфтыдтой, Туг уарыд, хаудтой стъалытæ, фæзынд Тæппытæ хурыл, мæй фæцыдæр арвыл Æцæ ныттар, цыма хъаймæт æрцыд. Раст ахæм сау фыдхабæртты нысæнттæ 263
Нæ бæстæи æмæ адæмæн, тæосаг Фæдисæттау, кæрæдзи фæдыл уайгæ, Æрвитынц иумæ арв æмае нæ зæхх Ныртæккæ дæр .. Æндар бацæуы. Фæлæ æнцад! Фæзынд та! Цыфæнды уæд, уромын æй! — Æрлæуу, Æндар! О, кæд дæ бон у исты сдзурын, Уæд раргом у! Кæд дын мæрдты дæ удыбæстæн, науæд Нæ дунейыл нывонд кæнын хъæуы, Уæд зæгъ æргом! Кæд а бæстыл æрцæудзæнис æнамонд Æмæ дзы исты фервæзæн хос и, Уæд раргом у! Кæд дын уæлæуыл уыд ныгæд хæзнатæ, Æнæрастæй кæй фембырд кодтай, ахæм, Æмæ сыл пыр мæрдты тыхсы дæ уд, Уæд раргом у! Æрлæуу æмæ ныр радзур! Уасæг уасы. Хæц ыл, Марцелл! Ма р це л л. Цæвои æй кардæй? Г о р а ц и. Цæв, Куы лидза, уæд! М а р ц е л л. Ныр ам дæ! Гор а ци. Марцелл. Ам и! Æ нд ар ацыди. Ацыд! Æргомæй йын кæй равдыстам тыхми, О, уымæй йын йæ кадджын ном æфхæрæм. Стæй буаргъæд нæу, нæ йыл æмбæлы цæф, Нæ бырст йæ ныхмæ сонт ^сабийы хъазт у. Бернардо. Дзуапп раттаид, фæлæ ныууасыд уасæг. Го р а ци. О, фестъæлфыд, цыма йæм азым ис 264
Æмæ тæрсы дзуапп раттынæй. Фæдзурынц, Сæумæйыл, дам, сæуæхсиды фæндыр — Хъæлæсджын уасæг — боны бардуаг — хуры Фæкæны хъал. Куы ныззары, уæд, дам, Кæмфæнды уа мæрдтæйдзæуæг: цъæх арты, Йе — уæлдæфы, йе — хусыл, кæнæ фурды — Æваст мæрдтæм фæтындзы. Раст кæй у, Уый федтам мах нæхи цæстæй ныртæккæ. М а р це л л. Фæмынæг и, куы сзарыд уасæг, уæд. Фæдзурынц адæм, ал ’аз, дам, зымæгон, Цыппурсаехсæвы бонмæ зары уасæг. Уæд, дам, нæ сыстынц æндартæ мæрдтæй, Æгас æхсæв мæй сабыр рухс фæтауы, Кæлæндзыд чи у — адзæбæх вæййынц, Гъе афтæ у сыгъдæг, фæрнæйдзаг рæстæг. Го р а ци. Уырны мæ уый дæр. Фæлæ-ма кæсут: Сæумæрайсом йæ уардихуыз пæлаезы Уæззаугай ссæуы скæсæны хæхтыл. Фæуæм нйе радлæуд. Æмæ уын мæ фæндон: Мах хъуамæ кæстæр Гамлетæн зæгъæм, Цы феДтам, уый. Хæрын уын ард, ам, мах раз Къуытты цы ’ндар уыд, сдзурдзæни уый принцмæ. Куыд уæм кæсы, мæ хæлæрттæ? Зæгъæм? Нæ хæс æмæ нæ хæлардзинад домынц! М а р це л л. Зæгъын ын хъæуы, мердыгонау: стæй Æз зонын, принц кæм агургæ у абон. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Къаролы зал галуаны. Бацæуынц къар ол, Гер тру дæ, Гамлет, Полони, Л аэрт, Вольтиманд, Ко рне л и, у æздæттæ æмæ фæсдзæуынтæ. Къа р о л. Мæ мардиæфсымæр Гамлетыл нæ саутæ Нæма систам, фæлæ нæхиуыл мах Хъæуы фæхæцын,—- рох нæ хъæуы марды, Фæлæ нæхи дæр ма хæрæм æгæр Æмæ чысыл фæцауæрдæм нæ удтыл. 265
Гъеуьш тыххæй æрхастам усæн мах Нæ чындзы — ныр нæ паддзахады ’хсииы,— Р1æ къай чи уыди ме ’фсымæрæн, уый,— Фæкодтам маст, иыр та у цинæн афон. ’Фæкалд нæ цæссыг, райын дæр хъæуы. Нæ уынаффæ куы лыг кодтам, уæд фарстам Нæ зопдджын лæгты. Се ’ппæтæй дæр бузныг. Дыккаг хабар. Æрыгон Фортинбрас, Мах ницæуыл нымайгæйæ, æнхъæлы, Цыма куы амард ме ’фсымæр, уæдæй Нæ паддзахад ныддихтæ юс, ныззаууат, Æмæ къæйныхæй домы махæй ныр Æппыиæдзух, фæстæмæ, дам, мын раттут, Иæ фыдæй йын мæ кадджын æфсымæр Цы зæххы хæйттæ рамбылдта, гъеуыдон. Ныр байхъусут, цы дзуапп ын дæттæм мах. Норвегийы къарол зæронд у тыиг Æмæ уæзхъус,— йæ кæстæр Фортинбрасы Фыдвæидтæ уый нæма зоны бæстон, Æмæ дзы ам, нæ фыстæджы, мах курæм, Цæмæй сын скæна рагацау кæрои: Уый йе ’фсад дары паддзахады хардзæй, Тыхсынц дзы адæм. А фыстæг дæттæм Сымахмæ, Вольтиманд æмæ Корнели. Зæронд къаролæн мах номæй — салам. Уæ бартæ уын фылдæр нæ кæнæм,— дзургæ Куы кæнат. уæд — уæ уавæры æрмæст, Æнæуæлдай дзырдæй Ныр та — фæндараст: ТЗæрнон хъуыддагыл тагъд кæнын хъæуы. Корнели, Вольтиманд. Дæ фæдзæхстмæ кæддæриддæр цæттæ стæм. Къ а р о л. Æууæидын уыл. Уæдæ фæндараст ут! — Волътиманд æмæ Кор н е л и ацæуынц. Ды та, Лаэрт, цы зæгъинаг дæ ногæй? Цыдæр куырдтай. Цы курыс, зæгъ, Лаэрт? Цы хæрзиуæг дæ ’бахъæуа къаролæй,— Дæ зæрдыл бадар: ницы ис зæххыл, Дæ курдиат цæмæй нæ уа æххæстгонд. Лæджы сæрæн зæрдæ куыд у лымæн, Дзыхæн та къухтæ цас пайда сты, уыйас Дæ фыд зынаргъ у Данийы бæстæн. Цы курыс — радзур. 266
Л а э р т. Ауадз мæ, нæ бардуаг, Фæстæмæ Францмæ. Кодтой дæу къарол Æмæ дæ рухс бæрæгбонмæ фæзындтæн. Ныр та мæм ног мæ бæллицтæ, мæ хæс,— Хатыр, фæлæ — фæстæмæ сидынц уырдæм. Лæгъстæгæнгæ, дæуæй æз курын бар. К ъ а р о л. Дæ фыд та уæд? Цы дын зæгъы Полони? П о л о н и. Нæ уагътон исдуг йе ской дæр, къарол, Нæ мæ фæндыд фыццаг, фæлæ фæстагмæ Йæ курдиатыл нал загътон дыууæ. Дæуæй дæр курын, ауадз æй, нæ паддзах. Къ а р о л. Дæ фæндон уæд; фæндарает у, Лаэрт. Дæ бар дæхи, куыд хуыздæр у, кæн афтæ. Уæд Гамлет та, нæ тугхæстæг, нæ фырт? Г а м л е т (фæрсмæ). Фырт — тобæ зæгъ,— фæлæ хæстæг — хъыгагæн. Къарол. Дæ цæсгомыл ма сау мигъ бады, и? Г а м л е т. О нæ, æгæр хур дæр ма у мæ цæсгом. Гертрудæ, Мæ дзæбæх Гамлет, саутæ мауал дар! Хæларæй ракæс Данийы къаролмæ. Кæдмæ цæудаынæ зæхмæ кæсгæ ныр? Дæ фыды мардыл цас кæндзынæ сагъæс? Цард афтæ у: цæрæг кæны мæлгæ, Фæцæры, стæй мæрдтæм кæны цæугæ. Г а м л е т. Цард афтæ у. Гертрудæ. Уæдæ ма уæд дæ хъысмæт Уæлдай æнкъард цæмæн æнхъæлыс? Г а м л е т. Нæ, Æнхъæлгæ нæ, æхсин, æцæг, æнкъард у. «Æнхъæлынтæ» нæ зонын æз. Мæнæн Мæ саударæс, мæ тыхулæфт, мæ кæрзын, Мæ уды тыхст нæ равдисдз-ысты,— уыдон Æрмæст æнкъард æвдисынæн вæййынц, Æмæ æнцон у ахæм хуызы хъазын. 267
Мæ маст та гуыры зæрдæйы бынæй, Мæ сагъæсæн æддæмæ ’вдисæн нæй. Къа р о л. Æхсызгон у, æппæлинаг у, Гамлет, Дæ фыды раз цы ’нкъард хæс фидыс, уый. Фæлæ йæ фыд дæхи фыдæн дæр амард, Стæй — уымæн дæр. Рæстæгмæ ’гъдау дæттын — Иæ кадджын хæс у сидзæрæн, хæстæгæн. Фæлæ æдзух мыггагмæ саутæ дар, Дæ зæрдæ мар — нæ, уый æнæгъдау ми у. Нæлгоймагыл нæ фидауы дæ маст, Хуыцауæн дæр æхцон нæу уый,— æвдисы , Æнæрхъуыды, æгоммæгæс зæрдæ Æмæ гуымиры, ’нахуыр уды ахаст. Æнæрцæугæ цы мастæн нæй зæххыл Æмæ йæ уаг цæмæн нæй ивæн, уымæн Йæ ныхмæ лæуу, хъынцъымгæнгæ, ау, уый Лæгдзинад у? Нæ, уый тæригъæд ми у Хуыцауы раз, æрдзы раз, марды раз, Нæ зонды раз. Лæгæн йæ зонд фæцахуыр Нæ фыдæлты хъысмæтыл, æмæ мард Куы ’рцæуы, уæд йæхинымæр фæзæгъы: «Цард афтæ у». Дæ хорзæхæй, ныууадз Дæ сау сагъæс æмæ нымай зæрдæйæ Дæ фыдыл мæн. Уадз, дуне зона, ды Кæй дæ хæрз хæстæг паддзахмæ, кæй уарзæм Дæу афтæ мах, йæхи хъæбулы фыд Куыд уарза тынг. Æцæг та Виттенбергмæ Кæй цæуыс ногæй ахуырмæ — нæ, уый Нæ зæрдæтæн хъыг у æмæ дæ курын, Дæ фæндон аив, баззай ам, ныллæуу, Нæ цæсты раз, уыдзынæ ньтн цæстырухс, Нæ ахсджпаг, мыггаджы ныфс, хъæбул. Гертрудæ. Мæ хур, лæгъстæтæ мауал дом дæ мадæй, Ам баззай, Виттенбергмæ нæй цæуæн. Г а м л е т. Æхсин, кæсыи æнæсыбыртт уæ коммæ. Къ а р о л. Гъеуый æхсызгон, коммæгæсы дзуапп. Ам, махау, у.— Æхсин, цом гъеныр. Гамлет Нæ зæрдæ махæн барухс кодта тыиг Йæ разьтйæ æмæ цæ цæрæнбонтæн Цом рауадзæм рæгъытæ фынгыл иыр. 268
/ Уадз, сармадзан бæрзонд æрвтæм ныннæра Зæххон хуьщæутты бафидыды цау Æыт нæ цин уæлæрвтæм хъуыса. Цомут. Иууылдæр, Гамлетæй фæстæмæ, ацæуынц. Г а м л е т. О адæймаг,— фыд æмæ ’стджыты уаргъ,— Æртхутæг фест, кæнæ æртæхау атай! жГъæй-джиди, уæдæ хи марын хуыцау Куы нæ хынцид тæригъæдыл! О, зæрдæ! Куыд ницæйаг, куыд мæнг æмæ къуымых Зыны мæимæ нæ дунейыл æппæт дæр! Æгæнон уаргъ! Фæджидзæггаг ис цард, Раст уардидон куы схæмпæл вæййы, уыйау. Куыд æрцыд а мæнгард хъуыддаг? Йæ мардыл Цæуы дыууæ мæйы. Дыууæ дæр нæ. Цы паддзах уыд! Нæ, аиы стуры раз Уый хур уыди! Куыд хъахъхъæдта мæ мады, Куыд æй уарзта: йæ рустыл ын улæфын Нæ уагъта дымгæ. О, зæхх æмæ арв! Цы сæ мысон! Æнгомæй йæм æнгомдæр Цыди мæ мад,,цыма æххормаг кодта Фырæфсæстæй. Æмæ мæймæ.,. Фæлтау Йæ кой дæр нал!. О, устытæ, уæ нæмттæ — Æууæнкхортæ! Нæ фæбадт мæй! Кæугæ Цы басмахъты цыд марды фæдыл, уыдои Нырма сты ног. Æмæ ныр — о, хуыцау! — Æнæзонд сырд дæр ма фылдæр фæбыхсы! — Уый амой кодта! Стæй кæмæй — йæ тиуæй, Мæ фыды раз гæвзыкк чи у бынтон, Гераклы раз æз куыд гæвзыкк дæн, афтæ. Мæй, иунæг мæй! йæ уадултыл æххæст Нæма сты хус йæ фæлитой цæссыгтæ! Нæ, хорзмæ мын нæ расайдзæнис уый! Тъæпп ахау, зæрдæ, хьыпп-сыбыртт дæр ма скæн! Бацæуынц Го р а ц и, М а р ц е л л æмæ Бернардо. Гора ц и. Салам дыи, принц! Г а м л е т. Æнæнизæй æгас цуай, Гораци,— кæд нæ рæдийын æз, уæд. Го р а ц и. О, уьш дæн, принц, мæ хъаймæтмæ дæ цагъар. 269
Г а м л е т. Цæй цагъар, цæ! Æмбæлтт& куы стæм мах. • Цы уадтымыгъ дæ ’рхаста Виттенбергæй? — Марцелл цы нæ дæ? М а р це л л. Уый, хæрзæгъдау принц... Г а м л е т. Дæ фенд мын цин у. (Бернардойæн.) Де ’зæр хорз. (Горацийæн.) Зæгъут-ма, Цæй аххосæй ныууагътат Виттенберг? Го р а ци. Хæрзæгъдау принц, цыдæр зивæг мыл бафтыд. Г а м л е т. Фыдгул дæр мын нæ зæгъид уый дæуæй, Æмæ мын ам дæхиуыл хахуыр ма кæн. Æз зонын дæу: ды магуса нæ дæ. Фæлтау-ма зæгъ: цы кусыс Эльсиноры? Ам нуазыныл фæцалх кæндзысты дæу. Г о р а ц и. Тындзыдто.н æз дæ уарзон фыды мардмæ... Г а м л е т. Хорз нæу æмбалыл афтæ худын. Дæу Зæгъын фæндыд: «Дæ мады чындзæхсæвмæ». Гор а ци. О, принц, æцæг, æгæр тагъд рауад уый. Г а м л е т. Пайда, Гораци! Хистæн æвæрд фынг Æрдæгхæрдæй чындзæхсæвырдæм разылд. Уæлæуыл уый куы нæ федтаин æз, Фæлтау мæрдты куы фембæлдаин знагыл! Мæ фыд, уынын, цыма, мæ разы дæу! Го р а ци. Каем, принц? Г а м л е т. Мæ уды цæстыты, Горацй. Гораци. Зыдтон æй æз: къарол уыд уый, къарол! Г а м л е т. Лæг уыдис уый, æппæтæй дæр æххæст лæг. Æз нал фендзынæн ахæм лæг зæххыл. Гораци. Ды баууæнд, принц, уый тæккæ дысон ам уыд. 270
Гамлет. Уыд? Чи? Го р а ц и. Къарол, дæ дзæбæх фыд. Г а м л е т. Мæ фыд? Го р а ц и. Нæ, стъæлфгæ нæ: фæхæц дæхиуыл сабыр, Æмæ .уал байхъус. Радзурон дын æз, Æвдисæнтæ мæ цуры мæнæ адон,— Æпахуыр дисы хабар. Г а м л е т. Дзургæ тагъд! Г о р а ц и. Дыууæ ’хсæвы фæд-фæдыл ацы адæм, Марцелл æмæ Бернардо, рады сты Æмæ уыиынц æдзард мæйдар æхсæвы Æгæнои диссаг: иу æнахуыр лæг — Йæ сæрæй раст йæ къæхтæм уыд гæрзифтонг,— Сыгъдæг дæ фыд! — æрбацæуы хæстæг Сæрбæрзондæй. Æртæ хатты сæм базылд Раст къухæмбæрц, сæ цæстæй йæ уыдтой Æмæ-иу джихæй цавддуртау ныййысты, Сыбыртт дæр-иу йæм не скодтой, стæй уæд Æрмæст мæнæн сæ сусæг хабар загътой. Æртыккаг æхсæв ацыдтæн æз дæр, Æмæ æцæг, куыд загътой, афтæ рауад: Æрбацыд æндар иу сахатыл ног. Дæ фыды ма хъуыды кæнын: æмхуызон, Мæ ацы къухтау. Г а м л е т. Уæд цы ран уыд уый? Марцелл. Цы ран фæлæууæм хъахъхъæнæг, уым —фæзы. Г а м л е т. Нæ йæм дзырдтай? Го р а ци. " Фæдзырдтон æм, фæлæ Нæ радта дзуапп. Уæвгæ, йæ сæр фæзылдта, Цыма йæ раст цыдæр зæгъын фæндыд, Фæлæ иыууасыд уыцы еахат уасæг, Дæ фыд йæ хъæрмæ фестъæлфыд æваст Æмæ фæаууон. 271
Г а м л е т. Диссаг ма цы уа! Г о р а ц и. Хæрын дын ард мæ удæй, принц, æцæг уыд. Нæ хæс та уыд æргом зæгъын дæуæн. Г а м л е т. Ды раст зæгъыс. Æз иучысыл фæтыхстæн. Чи лæудзæн ахсæв рады? Марцелл æмæ Бернардо. Мах, милорд. Г а м л е т. Æд хотых уыд? Марцелл æмæ Бернардо. Æд хотых. Г а м л е т. Сæрæй къæхтæм? Марцелл æмæ Бернардо. Хæрз æххæстæй. Г а м л е т. Йæ цæсгом уæм нæ зынд? Г о р а ц и. Куыд нæ ма, принц,— йæ цæсгомы згъæр ист уыд. Гамлет. Æмæ куыд каст, æлхынцъæрфыгæй? Г о р а ци. Нæ, Тызмæг нæ уыд,— æнкъардæй каст. Г а м л е т. Фæлурс уыд, Æви сырх уыд йæ тыхстæй? Го р аци. Митау, урс. Г а м л е т. Æмæ уæм касти комкоммæ? Гор аци. Æдзынæг. Г а м л е т. Хъыгаг, нæ фæдæн уым. Г о р а ц и. Рызтаис тынг. Г а м л е т. Цы нæ вæййы. Æмæ фæцис уым бирæ? Г о р а ц и. Сæдæйы онг фæнымадтаин æз.
Марцелл æмæ Бернардо. Фылдæр, фылдæр. Го р аци. Нæ уыд фылдæр мæ цуры. Г а м л е т. Йæ зачъе урс уыд? Го р аци. Нæ, бынтон нæма. Фæхаласхæст, уæлæуыл куыд уыд, афтæ. Г а м л е т, Лæудзынæн ахсæв уемæ. Ног та кæд Æрбацæуид. Г о р а ц и. Æрбацæудзæн, æнæмæнг. Г а м л е т, Æмæ та кæд мæ фыды хуызæн уа — Нæй ?нæ сдзургæ, фæнды мæ хурхæй ласæд Раст зындонмæ. Æрмæст уæ курын æз: Нырмæ куыд дардтат ацы хабар сусæг, Нырæй дарддæр дæр афтæ сусæг уæд. Цыфæнды хабар раргом ахсæв — арф ыл Хъуыды кæнут, фæлæ — еыбыртт дæр нæ. Уæ хæрзиуæгæй хæсджын — æз. Фæндараст! Дыууадæсыл æрбацæудзынæн æз Уæ лæууæнмæ. Й у м æ. Принц, де ’нувыд цагъартæ. Г а м л ет. Цагъартæ нæ — лымæнтæ стæм. Хæрзбон. Иууылдæр, Тамлетæй фæстæмæ, ацæуынц. Мæ фыды ’ндар æд хотых! Уый нæу хорз! Цыдæр ис ам! Куы ’рталынг уаид тагъддæр! — Мæ зæрдæ, быхс: Цыфæнды сусæг уæд,— Фыдмийæн хъуамæ сбæрæг уа йæ фæд! Ацæуы. 3 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Уат Полоиийы хæдзары. Бацæуынц Л аэ р т æмæ 0 ф е ли. Л а э р т. Мæ дзаума науыл сæвæрдтон. Хæрзбон, 18 Шекспир .273
Мæ дзæбæх хо. Куы амона дæ фадат — Фынæй-иу ма кæн, ма,мæ рох кæн уæд,— Æрвит хабар. Офели. Гуырысхо ма кæи ууыл. Л а э р т. О, Гамлетмæ та макуы дар дæ хъус. Йæ узæлд сайд у, туджы хъазт, æрра ми, Раст рагуалдзæджы дидинæгау — сыд: Фæзыны æмæ ампылы, йæ хæрздæф Хæссы цæстыфæныкъуылдмæ, стæй уæд Æрбайсæфы О ф е л и. Æрбайсæфы? Л а э р т. Æнæмæнг. Лæджы æрдз канд уæнгтæй нæ вæййы. Буар Куыд рæзгæ цæуа, афтæ, мæнæ дзуарау, Фæрæзыпц уым лæджы удыхъæд, зоид. Нырма дæ уарзы, чи зоны, æцæгæй Æмæ нæма сты йе ’нкъарæнтæ хæлд. Фæлæ дзы тæрс,— дæ зæрдыл бадар: чи у. . Бæрзонд хицау йæ сæрæн хицау нæу. Уый уацар у йæ ран æмæ йæ номæн. Æндæр лæгау ын хи амондмæ нæй Тырныны бар. Нæ паддзахады рухс фарн Йæ дзырд æмæ йæ митæй кæнгæ у. йæхицæн ницы равзардзæни царды, Æрмæст фæхъусы инпæты фæндмæ ’ Æмæ фæкусы адæмы пайдайыл. Гъеуымæй бамбар, цавæр тасы ран Уыдзæн дæ цард, куыд хъизæмар кæндзынæ, Куыд худинаг,— куы йæм байхъусай, уæд Æмæ, миййаг, куы бакæсай йæ коммæ. Уæдæ дзы тæрс, мæ хо Офели, тæрс Йæ уарзынæй, дæхи дзы рынау хъахъхъæн, Цæф сæгуытау йæ цурæй дарддæр лидз. Йæ уатмæ чызг мæйрухс куы уадза худын,—■ Уæд уымæй дæр æгад кæны йæ ном. Æгъдауджьшыл æнцонæй бады хахуыр. Бæлас куы нæма ракалы къуыбар, Уæд æй фæхæры калм æнпæтæй тынгдæр, Стæй адæймаг, æрыгои ма куы уа, Уæд æй уæлдай фæхъæуы иизтæй хизын. 274
Зон, цалынмæ нæма уа фидар царм, 1 Уæдмæ нæ хуыздæр хъахъхъæнæг — æфсарм. О ф е л и. Дæ бацамынд уыдзæн мæ удæн алкæд Йæ хъахъхъæнæг. Фæлæ, о ме ’фсымæр, Миййаг, æдзæсгом сауджыны ми ма кæн: Фæдзуры уый дæр иннæтæн, зæгъгæ, Сындзджын фæндагыл цæугæ у дзæнæтмæ, Фæлæ йæхæдæг устыты фæдыл Хæты æдзух. Л а э р т. Нæ, ахæм мийæ ма тæрс. Цæй, батындзон. Æрбацæуы нæ фыд. Бацæуы П о ло ни. Дыккаг фæндараст амонд у бæлццонæн. Дыккаг хатт мын фæндараст зæгъ, нæ фыд. П о л о н и. Ам ма дæ, цы? Фæхуд дæхиуыл, бавзонг! Куы систа дымгæ науы пæлæз, уæд Ды та кæм дæ? Фæндараст у, фæндараст! Æмæ дæ фындзыл мах фæдзæхст ныффысс: Дæ зæрдæйы бæллиц æргомæй ма дзур, Æнæрхъуыдыйæ мацы кæн хъуыддаг. Хуымæтæг у, æгæр хуымæтæг — макуы. Фæлтæрд æмæ хуыздæр лымæнтæй кæн Æфсæн тæлытæ д’ алыварс, фæлæ Æппæтимæ æгасцуйæ дæ къухтæ Тæппæлттæ ма кæн. Хиз дæхи хылæй, Фæлæ дæ бахъуыд — рахæц-иу уæд афтæ, Цæмæй дæ хизой иннæтæ сæхи. Хъус алкæмæ, дæхæдæг дзургæ — къаддæр, Сæ дзырдæн быхс, дæхи фæндон æмбæхс. Дæхи фæлынд, дæ уавæр куыд у, афтæ: Хъæздыг, уæздан,— æгæр хъулæттæ — нæ, Иæ дарæсæй у адæймаг бæрæг, Уæлдайдæр Францы тынг аргъ кæнынц уымæн Нымды хæрзæгъдау адæм. Ма ис хæс, Æмæ хæс ма дæтт. Хæс дæтгæйæ, сафæм Канд не ’хца пæ — иæ хæлæртты дæр, стæй Æфстау дæттын фæстауæрцимæ знаг у. Фыццаджыдæр дæхи фæндоныл цу,— Уæд, тар æхсæв куыд фæбон кæны, афтæ,
Æдзух дæ хъуыддаг рухсдæрмæ цæудзæн. Фæндараст ныр, мæ фæдзæхст дар дæ зæрдыл. Л а э р т. Хæрзбон, иæ фыд, дæ бафæдзæхстæй бузныг. По л он и. Цу, афоп у. Æихъæлмæ дæм кæсынц. Л а э р т. Хæрзбоп, Офелп, æмæ дар дæ зæрдыл, Цы дзырдтам, уый. О ф е л и. Мæ зæрдæйыл — гуыдыр, Йæ дæгъæл айс, Л а э р т. Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! (Ацæуы.) - П о л о н и. Цæуыл дзырдтат, Офели? О ф е л и. I Мах дзырдтам Принц Гамлетыл. По л о н и. А, афтæ уыд? Æмбæлы. Дзырдтой, цыма дæм тыиг арæх вæййы, Цыма йын ды ныфсытæ дæр æвæрдтай, Фæцахуыр, дам, дыл! — Кæд æцæг у уый — Æцæг кæй у, дзырдта мын уый та ахæм, Дæ фæдыл чи каст,— уæд зæгъын дæуæн: Дæ ном æмæ дæ намыс дæ куыд домынц, Дæхи нæ дарыс афтæ хорз, мæ чызг. Цы цæуы уе ’хсæн — зæгъ, æцæг — æргомæй. О ф е л и. Æвдыста мыи, рæвдаугæ, цалдæр хатты йæ зæрдæйы хæлардзинад. П о л о н п. Кæс-ма! Йæ зæрдæйы хæлардзииад! Цы ’мбарыс Зæрдæйæн ды? Кæнæ цы радтай дзуапп, Йæ зæрдиаг рæвдыд кæй хоныс, уымæн? О ф е л и. Цы йын зæгъоп — нырма нæ зонын æз. П о л о н и. Æз дын æй амоньш: хъуыды кæн арфдæр: Ды саби дæ,— куы нæ дын дæтта дзырд,
Уæд-иу дзырдæй зынаргъдæр исты а^гур. Кæннод тæрсын: дзырдтæй куы уа уæ хъазт, Уæд худинаг куы рамбулай мæ сæрæн. О ф е л и. Нæ фыд, йæ уарзт æвдыста уый мæнæи Хæрзæгъдауæй... П о л о н и. Хæрзæгъдауæй! Кзесут-ма!.. О ф ел и. Æмæ йæ дзырд кæй бакæндзæн æххæст, Ард хордта ууыл зæд æмæ хуыцауæй. П о л о н и. Къæппæг у уый! Æви мæ ферох, туг Куы хъазы, уæд цæйбæрц æрдтæ фæхæрæм! Нæ, ахæм пиллон хъарм нæ кæны, уый Мæнг у, æрмæст цæетытæ тар фæкæны. Æцæг артыл æй ма нымай, мæ чызг. Нырæй фæстæмæ дар дæхи чъындыдæр. Уадз, тынг кæна дæ фенынмæ цыбæл. Куы дæм æрвита — ма-иу рацу уайтагъд. Принц Гамлет—уый æрыгон у нырма, Йæ рацыдæн, йæ ныхæстæн нæу хицау,— Дæуау нæу баст. Нæ, принцыл ма ’ууæнд ды, Уæлдайдæр — й ’ардыл. Сомы циу — фæлитой. Иæ рард — æнцои, йæ аргъ та — мур дæр нæ. О, сомытæ фæлитойтæ сты, уыдон, Сыгъдæгудтау, вæййыпц уæздан, фæлмæн, Цæмæй æпцопæй асайой. Зæгъын дын: Нæ мæ фæнды, нырæй фæстæмæ къæм Иæ помыл бада Гамлеты ныхæстæй. Æмгæрон дæр æм мауал цу. Цæугæ. Кæс-иу, дæ зæрдыл дар. О ф е л и. Кæсын дæ коммæ. Ацæуы. 4 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Фæз галуаны раз. Бацæуынц Г а м л е т, Г о р аци æмæ Марце л л. Г а м л е т. Æвирхъау уазал! Баргъæвстæи бынтон! Гораци. Раст уæигты хизы. Хæйрæджыты уазал! 277
Гамлет. Ныр цафон уа? Г о р аци. Рæхджы уыдзæи дыууадæс. М а р ц с л л. Нæ, уымæй ахызт. Г о р а ц и. Ау? Нæ фехъуыстон, Уæдæ, бæлвырд, ныр тагъд уыдзæнис афон Æндар фæзынынæн. Хъуысы трубаты уасын, сармадзаны æхст. Цы уа уыи, принц? Гамлет. Къарол фынæй нæ кæны,— кафы, нуазы, Йæ цинæй райы боныцъæхтæм раст. Куы ахус кæны ног нуазæн, уæд та йæ Фæхабар кæны сармадзан, цыма Уый басгуыхт у. Го р аци. Æмæ уæм уый æгъдау у? Г а м л е т. Хъыгагæн, о — æгъдау, фæлæ уый нæу Æвæринаг, уый сафинаг у. Ахæм Æдзæллаг нуæзт нæм кадыл у нымад Раст хуссарæй цæгатмæ, фæлæ уымæй Нæ худинаг æгас бæстыл ныхъхъæр. Хуытæ æмæ нæ расгуытæ фæхонынц Æддаг адæм. Нæ ном, нæ намыс тынг Дæлæмæ хауынц, сæфтыл нæ нымайынц. Суанг хицæн лæгмæ фод сахъат, уæддæр Æнамонд у,— æрдзон ыстъæлф дыл фестæд, Дæхæдæг уымæн азымджын нæ дæ — Ныййарджытæ куы не ’взæрстай дæхицæн! — Кæнæ дын ис æхгæд зæрдæйы уаг,— Дæхи дæр чи нæ фæнды, ахæм; науæд Дæ фæзылд нæу уæздан æмæ рæсугъд,— Цыбырдзырдæй, чысыл сахъат дæр сафы Лæгæн йæ ном æгас дзыллæйы раз, Йæ лæгдзинад, йæ хорз хъуыддæгтæ хъуыстгонд Куы уой, уæддæр. Хуымæтæджы сахъат Фæбынæй кæны бирæ хорз хъуыддæгты. Хъыгаг у тынг. 278
Гор аци Принц, уартæ и, кæс-ма! Бацæуы æндар. Г а м л е тг. / Хуыцауы зæдтæ, бахизут мæ мастæй! — Хæрзаудæг æви дæлимои дæ, Уæларвон зæд æви зындойиаг зин дæ, Фыдгæнæг дæ æви нын фарн хæссыс,— Дæ иу фæзынд мæ бандзыг кодта джихæй, Æмæ мын хъуамæ радзурай æргом, Мæ фыд, къарол, нæ бæсты паддзах, Гамлет, Тыхст уавæры мæ ма ныууадз,— зæгъ-ма! Цæмæи ’сыскъуыдта де стæгдар йæ мæрддзаг Дæ ингæнæй? Æрæджы дын дæ мард Дæ чырыны æицад хуысгæ куы федтам, , Уæд дæ фæстæмæ дурын табæт иыр Цæмæн сæппæрста? Бацамон нын, мардæй Цæй тыххæй зилыс хотыхтимæ ам, Цæмæн кæныс мæйдар æхсæв тæссагдæр, Æмæ æдых, æдылы удты — мах, Тæрсгæ-ризгæ цæмæн æфтауыс дисыл, Нæ цыбыр зонд куы не ’мбары дæу, уæд? Зæгъ-ма: цæмæн, цы у æмæ цы кæнæм? Æ нд а р сиды Г а м л е тм æ. Го р ацй. ’ Йæ къухæй сиды, рацу, дам, мæ фæдыл. Цыма йæ раст цыдæр зæгъын фæнды Æрмæст дæуæн. М а р це л л. Кæс-ма, куыд тынг дæм хаты, Цæмæй йæ фæдыл ацæуай ды дард. Фæлæ йæм ма цу. Г о р а ц и. Ницæй тыххæй, никæд! Г а м л е т. ’ Ам дзуапп нæ ратдзæн. Цæй, æз æм цæуон. Г о р а ц и. Нæ хъæуы, принц! Г а м л е т. Куыд нæ? Тæосаг æй хонут? Мæ цардæн æз нæ кæнын мурдæр аргъ. Цæмæй уа хъуамæ уый тæссаг мæ удæн? Йæхийау кæд æнæмæлæт дæн, уæд?
Уæддæр та сиды. Бацæуон æввахсдæр. ; Гор аци. Куы дæ басайа арф донмæ; &æнæ Тæссаг бæрзонд къæдзæхы тигъмæ, денджыз Кæй быны ниуы, æмæ уым йæ хуыз Куы аива, дæлимонау; миййаг дæ Куы скæна ’рра æмæ дæ былæй уым Куы расхойа? Бæстондæр акæн сагъæс. Æнæуый дæр сæрзилæн рындзæй лæг Æнæбын арфы денджызмæ куы ’ркæсы, Йæ хъæр æмæ йæ абухынмæ уæд Æрра кæиы. Г а м л е т. Йæ сæрæй та мæм сиды.— \ Цæугæ. — Цæуын. Марцелл. Ныллæуу! Г а м л е т. Дæ къухтæ — дард! Го р аци. Нæ, ма цу, принц. Нæ хъæуы. Г а м л ет. Уыцы сидæг Мæ хъысмæт у. Цыма домбай дæн раст, Ныттынг мын кодта ме ’ппæт буары нуæрттæ. Æ нд ар æм сиды. Уый сиды ног. Мæ хæлæрттæ, фæндаг! Йæхи сæ атоны. Куы ’рбавналат — ныццæгъддзынæн уæ кардæй! Цæй, иуварс, дарддæр! — Цу. Дæ фæдыл æз. Æндар æмæ Гамлет ацæуынц. Го р аци. йæ зонд, йæ хъару нал кæсынц йæ коммæ. Марцелл. Цом мах дæр. Принцæн афтæ уадзæн нæй. Го р а ц и. Сæ фæдыл цом. Цымæ цы сайой адон? М а р ц е л л. Цыдæр æмбийы Данийы зæххыл. Ш
Г о р а ц и. Рæствæидаг нæ фæкæн, хуыцау! М а р ц е л л. Сæ фæдыл. Ацæуынц. I < * < 5 СЦЕНÆ ; ’ Уый дæр уым. Дарддæр ран уыцы фæзы. Бацæуынц æндар æмæ Г амлет. Г а м л е т. Кæдæм мæ хоныс? Амæй дарддæр — нал. Æндар. Уæдæ мæм хъусгæ. Г а м л е т. Хъусын дæм. Æндар. Æз тагъд Зындонмæ здæхын, совдоны цъæх арты Фыдхъизæмæрттæм. Гамлет. О, мæгуыр æндар! ■ * Æ н д а р. Тæригъæд нæ, фæлæ лæмбынæг байхъус, Зæрдæбынæй. Га м л ет. Дæумæ хъусын — мæ хæс. Æндар. Стæй — маст исын, куы базонай мæ хабар. Г а м л ет. Цы? Æнда р. Æз, æндар, дæ~ныййарæг фыд дæн. Тæрхои мын ис, æнæнцойæ æз хъуамæ Хæтон æхсæвæй, бон та судзын арты, Мæ тæригъæдтæ цалынмæ нæ уой Уæлæуыл сыгъд. Мæрдты цы зынтæ ’взарын, Уый сусæг у. Куы сæ радзурип, уæд Мæ хъизæмæрттæн се ’нцондæры койæ Фæхуыдуг уаис> банцаид дæ туг, Дæ цæстытæ фæхауиккой сæ къуырфæй, 281
Дæ сæрыхъуынтæй алчидæр æваст , Ныллæууид арц тызмæг сырды сындзытау. Фæлæ мæлæт зæххонæн дзургæ нæу. О, байхъус, байхъус, байхъус! Кæд, мæ хъæбул, Æцæг дæ фыды искæд уарзтай, уæд... Г а м л ет. О ме скæнæг! Æ н д а р. Уæд уый маст райс æнаккаг Лæгмар.æй. Г а м л ет. Цы? Лæгмарæй? ^нд ар. О. Лæгмард — Сырддон ми у, мæн амард та — сырддондæр. Г а м л е т. Дзур, дзур, цæмæй æз апæррæст кæнон Хъуыдытæй æмæ мондаг сæнттæй рогдæр Мæ мастисæг. Æ н д а р. Уынын, цæттæ дæ ныр. Фæлæ фынæй цъымарайы мæгъæлда Куы уыдаис, ныррызтаис уæддæр Дæ бынаты. Уæдæ мæм хъусгæ, Гамлет. Ныхас цæуы, цыма фынæйæ калм Мæныл фæхæцыд дыргъдоны. Æлгъаг сайд Фæчынди уымæй данийæгты. Ды, Мæ хъæбул, ды, мæ иунæг, хъуамæ зонай, Дæ фыды марæг калм кæй бады ныр Мæ бандо’ныл. Г а м л е т. О, цас мæ зæрдæ ’хсайдта! Уый — де ’фсымæр? Æ н д а р. О, хи туг æмæ хи стæг Æгадгæнæг, æрдзæй рахаста уый 4 Æлгъыстаг арæхст, чъизи зонд; — лæджы Æррагæнæг! Фæсайдта ус-паддзахы: Æмвæнд, æмбуарæй байдыдтой цæрын. Уæд афтæ тынг æрхауæд ус, о Гамлет! Йæ удыхъæд кæмæй кодта бæрзонд, Нæ саргъуыдæй фæстæмæ рæзгæ чи цыд,— Мæ уыцы уарзондзинадæй æрхау Æрдзæй лæгдзинад мур кæмæ нæй, уымæ! 282
Фæлæ куыд нæй хæрзæгъдауæн фæцудæн, Фæнды йын хин-кæлæнтæ кæн, уæддæр, Раст афтæ, хæлд уд зæдты ’хсæн куы бады, Уæддæр æлгъæд кæны æмæ йæхи, Хæдмæл хæрæн цы ран уа, уырдæм ласы. Фæлæ, цæй, фод! Сæууон дымгæ фæзынд. Фæтагъд кæнон. Нæ дыргъдоны фæссихор Уыдтæн фынæй, дæ фыдыфсымæр уæд Æрбахъуызыд мæ улæфæн бынатмæ, Æмбæхстæй хаста йе ’лгъыстаджы марг Æмæ йæ хъавгæ ауагъта мæ хъусты,— Мар>г ахæм уыд æмæ дзы иу æртах Куы ’рхауа тугыл, ахъары уæд уайтагъд Нæ дадзинты, æмæ нæ туг æваст, Æхсыр куыд 1сæлы ахсæнæй, раст афтæ Тæгæртæй ахсын байдайы. Æз дæр Гъе афтæ. Фестад мегас буар хæлмаг Æмæ сæ дон æнæнцой уад. Гъе афтæ Фынæйæ байста ме ’фсымæр мæнæн Мæ худ; мæ цард æмæ дæ паддзах-мады: Гъе афтæ рухс хур аныгуылд мæныл Æнæскувгæ мæ тæккæ хуыздæр бонты; Мæ тæригъæдтæ ме ’фцæгыл æфтыд, Гъе афтæмæй мæ иигæнмæ фæсырдта. О саубон, саубон, саубон! Кæд æцæг Мæ хъæбул дæ, уæд ма ныббар хъæддаг ми; Уæд данийаг къаролты хуыссæнуат Æлгъаг, æнаккаг чъизи митæн ма ратт! Фæлæ куыдфæнды исай масг, дæ уд Сыгъдæгæй дар, дæ мады ныхмæ ма скæн Фыдвæнд, миййаг. Хуыцауы æмæ йын Йæ намысы уæззау æфхæрд æгъгъæд у. Хорз байрйай ныр. Цæуон. Фæтынг и бон Æмæ йæ рухс хуыссын кæны æрттиваг. Хæрзбон, хæрзбон æмæ мæ ма кæн рох. (Ацæуы.) Г а м л е т. О арв! О зæхх! Цæй, чи ма ферох? Зындон? Æицад, мæ зæрдæ! Фидар лæуу æнцад! Мæ быны цудгæ мæ кæнут, мæ зæнгтæ! Лæуут æмраст! —Дæу ферох кæнон? Нæ, Мæгуыр æндар, уа цалынмæ хъуыдыхъом Мæ саст къори.— Дæу ферох кæнон? Æз Мæ хъуыдытæй фæсурдзынæн бынтондæр 283
Мæ лæмæгъ митæ, чингуыты дзырдтæ, Æппæт нывтæ, мæ фароны фыстытæ,— Сывæллонæй йæм чи æрцыди хаст, ; Æмæ дзы иу — дæ бацамынд, дæ фæдзæхст -X Æгас чнныг ныффысдзæни мæ зонд } Хæрз сыгъдæгæй. Хæрын æз ард хуыцауæй! -4- О усбирæгъ, æнаккаг! О лæгсырд! Æлгъаг, æлгъаг, æлгъагæй мидбыл худæг! — Мæ фыссæнтæ,— фæнысан æй хъæуы, Зæгъгæ, ис худæн, æмæ худгæ-худып Цъаммар уæвæн. Кэед алкæм нæ, уæддæр Ис афтæ уæвæн Данийы. (Фыссы.) Цæттæ дæ, Мæ фыдыфсымæр. Ныр мæ нысан дарддæр: «Хæрзбон, хæрзбон æмæ мæ ма кæи рох». Хæрын ыл ард. М а р ц е л л æмæ Г о р а ц и (фæссценæйæ). Принц, принц! М а р ц е л л (фæссцеиæйæ). Милорд! Г о р а ц и (фæссценæйæ). Цы ран дæ? Г а м л е т. Уый ахицæн! Г о р а ци (фæссценæйæ). Ого-го-го, милорд! Г а м л е т. Ого-го-го, мæ хорз хæлæрттæ, ардæм! Бацæуынц Гораци æмæ Марцелл. М а р ц е л л. Цы бадæ, принц? Го р аци. Цы ног хабар и, принц? Г а м л е т. О диссæгтæ! Г о р а ц и. Уæддæр? Г а м л ет. Хъæргæнгæ не сты.
ГорЪци. , \ Нæ, никæд, принц. , л МарЦелл. 1 Æз дæр, мæ дзæбæх принц. Г а м I е т. Цæй, хорз. Уæдæ нæ уый æпхъæл та чи уыд.,. 1 Æииу уый сусæг у! Г о р а]ц и æмæ М а р ц е л л. ’ Хæрæм дын ард. Г а м л е т. Нæй Данийы æнаккаг иу дæр ахæм, Фæлитой митæм чи нæ уа дæсны. Г о р а ц и. Æндар иæ хъуыдис ипгæнæй, цæмæй нын Зæгъа рæстдзинад уый хуызæн. Г а м л е т. Æцæг. Уæдæ æнæ уæлдай иыхасæй райсæм Кæрæдзи къухтæ, стæй фæйнæрдæм цом. Сымах уæхи фæндаг æмæ хъуыддæгтæм,— Нæ алкæмæн дæр ис фæндтæ, хъуыддаг,— Æз та — мæхи; хæрз иунæгæй фæцæуын Хуыцаумæ кувæг. Гор а ци. Уыдон дын, милорд, Хæццæ ныхæстæ сты. Г а м л е т. Хæрам мæм фестут? Уæдæ хатыр. Г о р а ц и. Фыдвæнд дзы иæй. Г а м л е т. Нæ, ис дзы Фыдвæнд, Гораци, ард хæрын Патрикæй! Цы аууон федтам раст у уый, бæлвырд. Фæ’лæ мæ уьгмæй ма фæрсут бæстондæр. Уæ хорзæхæй. Ныр та, æфсымæртæ, Æмсалдæттæ, æмахуырдзау æмбæлттæ, Уæ бæрнон хæс... Г о р а ц и. Цæттæ стæм мах, милорд. Г а м л е т. Цы федтам, ууыл иу сыбыртт дæр — нæ. 285
Г о р а ц и æмæ Марцелл. Æмбарæм, принц. Г а м л е т. Ард бахæрут. Г о р а ц и. Мæ номæй Æз ард хæрын. М а р це л л. Мæ номæй ард хæрын. Г а м л е т. Гъа: мæнæ кардыл. Ма рце л л. Расомы дын кодтам. Гамлет. Нæ, нæ, мæ кардыл бахæрут ам ард. Æ н д а р (æдде). Ард бахæрут! Г а м л е т. А-гъа, зæронд, дæу дæр куы фæнды! Хъусут, Цы дзуры, уый? Ард бахæрут уæдæ. Г о р а ц и. Зæгъ нын æй, куыд? Г а м л е т. Цы базыдтам, уый сусæг Кæй дардзыстут. Дæ къух мæ кардыл дар! Æ н д а р (æдде). Ард бахæрут! Гамлет. А, ам та дæ? — Цом иуварс, Æмæ та карды фистоныл хæцут. Ард бахæрут, цы базыдтат, уый сусæг Кæй дардзыстут. Мæ кардыл дар дæ къух. Æ н д а р. Ард бахæрут! Г а м л е т. Зæронд куырм уыры, къахыс Иттæг тагъд зæхх! — Ног аивæм нæ ран. Г ор а ци. I О бон, о ’хсæв! Цы ма уа уæдæ диссаг! Г а м л е т. Нæ, уыдон нырма уа-диссæгтæ не сты. Æрдзыл, Гораци, уа- диссæгтæ ис, Кæй не ’мбары дæ зондджын философи. Фæлæ та ног ард бахæрут,— мæн сом
Цыфæыды хуызы фенат, йе — мæхицæй Цыфæнды скæнон — маиы ской кæнут Мæ хъæзтытæй; уæ къухтæй мацы ’вдисут, Уæ сæртæ афтæ ма тилут, дзыхæй Уæхи, дæсиытау, макуы стаут афтæ: «Мах зонæм уый»... «Нæ фæнды мах, æндæр»... «Куы иæ фæндид»... «Мах радзуриккам диссаг».,. Цыбырдзырдæй, цы фехъусат мæнæй, Сыбыртт дæр ууыл макуы скæнат хъуамæ,— Гъеуый фæдыл у ард, æмæ хуыцау , Уæ хъахъхъæнæг. Æнд^р (æдде). • Ард бахæрут! Г а м л е т. Æнæнцой, Тыхстуд æидар! — Мæ хæлæрттæ, ныр та, Уæ уарзгæйæ, мæ уд кæнын уæ бæрны. Хæлардзинад æвдисынæн зæххыл Цы бахъæуа — сæ иуæй дæр уын Гамлет Нæ зæгъдзæи сомбон «нæ». Ныр иумæ цом. Æмæ-иу дарут уе ’нгуылдзтæ уæ былтыл.— Зæрдæскъуыд дуг, æлгъыст фæуай,— цæмæн Ныййардтай ныр дæ бандидзыиæн мæи? Цæй, цомут иумæ. Ацæуынц. 287
1 СЦЕНÆ Эльсипор. Уат Полонийы хæдзары. Бацæуынц Полони æмæ Рейнальдо. П о л о н и. Айс, ам — æхца æмæ фыстæг Лаэртæн. Рейнальдо. Мæ быгъдуан фод. П о л о н и. Хорз бакæнис, бæргæ, Уæ фембæлыны размæ, къахгæ, смудгæ, Куы базонис, йæхи куыд дары, уый. Рейнальдо. Уый хъавыдтæн мæхæдæг дæр. По л о н и. Иттæг хорз. Æппæлыи дæ. Фыццаг уал бафæрс ды, Парижы чи ис Даиийæ, куыд цæрынц, Хъæздыг, мæгуыр,— кæйтимæ сты лымæн, Цы куыст кæнынц; куы раргом уа, мæ фырты Кæй зонынц, уый, уæд ноджы арфдæр бырс Æмæ сæ фæрс, цыма йæ дардæй зоныс: <<Йæ хæлæртты, йæ фыды йын зыдтон, Иæхи дæр афтæ иучысыл». Æмбарыс? Рейнальдо. Иттæг, милорд. П о л о н и. «Йæхи дæр ын зыдтон, Фæлæ,— дæ дзырдтыл афтау тагьд,— хæрз чысыл Æмæ кæд уыцы загъдкъахæг у, уæд 288
Уый сонт у тынг». Æмæ йыл амай мардау,, Цыдæриддæр, æрмæст #æ ном æгад Куыд нæ фæуа,— о, уыкæй-иу æй бахиз. Фæлæ йæ сонтæй, бархийæ лæппу Цы алыгъуызон ’рра митæ фæкæны — . Æвæр ыл сæ! Рейнальдо. Г , Уæд къамæй хъазын та? Полрнй. Табуафси. Хылтæ, æлгъитын, нуазьш, Стæй загъд къахын, о, уый дæр-иу сын зæгъ. Рей^альдо. Милорд, миййаг, æвзæр куы уа йæ номæн! П о л о и и. Цæмæн? Нæ, уый куыд зæгъай, уымæи у. Йæ ном æгæр цæмæй фегад уа, ахæм Егъау азым нæ зæгъдзынæ. Цæмæн? Ды йын йæ хъæнтæ ахæм хуызы бавдис, Цæмæй сын аххос фенхъæлой æрмæст Æвзонгдзинад, тæлтæг лæппуйы соитад, Æиæдомд туг æмæ сæрибар зонд,— Сты уыдон баргæ. Рейнальдо, Не ’мбарын æххæстæй... П о л о н и. Цæмæн хъæуынц дæу уыдон? Рейнальдо. О, милорд, Цæмæн хъæуынц? П о л о н и. Мæ дзырд дæ зæрдыл бадар,— Нæ хъуыддагæн уый зондджын амынд у: Куысты чысыл куыд ачъизи уой къухтæ, Мæ фырты уыйбæрц рафаудзынæ ды, Æмæ кæй фæрсай — радзурдзæн дын уайтагъд, Æвзæрæй йыл цы фехъуыста, кæнæ Цы федта, уый: зæгъæм, уый дзуры афтæ: «Мæ хæлар», науæд «сэр», кæнæ «милорд»,— йæ уæздан ном, йæ хъомылдзинад, йе ’гъдау Куыд домынц, афтæ... Рейнальдо. Раст зæгъыс, милорд. Полони, Æмæ дьш гъеуæд... гъеуæд дын, æнæмæнг... 19 Шекспир 289
Цы зæгъинаг уыдтæн, цы? Ард хæрын, цыдæй зæ- гъынмæ хъавыдтæн. Цæуыл ныллæууыдтæн, ца|? Рейнальдо. ) «Мæ хæлар, науæд сэр, кæнæ милорд»-ыл. 7 П о л он и. [ 0,о,— уæд дын зæгъдзæн...— А-гъа! — Зæгъдзкн: «Æз зоныи уыцы сонт лæппуйы хорз. ’ Æндæрæхсæв, йе дысои, ахæмтимæ Уыд ахæм ран, уым хъазыдысты къамæй, Уыдысты нозтджын æмæ кодтой загъд». Кæнæ зæгъдзæи: «Æвдисæн дæн, кæй вæййы Уæййаг сылтæ цы хæдзары сты, уым, Æмæ фæкæны хæлд митæ». Гъе, афтæ. Æмбарыс иыр? Æнгуырыл асадз уаллон. Æмæ йыл ахс рæстдзинады кæсаг. Гъе афтæ мах, æмбаргæ, зондджын адæм, Æрзилæм дардыл, иувæрсты, цæмæй Къæдз фæзилæнты раст фæндагмæ бафтæм. Мæ фырты уаг дæр ахæм хуызы базон. Цæй, бамбæрстай? Нæма? Рейнальдо. Пттæг, милорд. П о л о н и. Уæлахиз у, рæствæндаг. Р е й н а л ь д о. Бузныг, ме ’лдар. П о л о н и. Йæ фæдыл зилыс— ма базонæд уый. Рейнальдо. О нæ, милорд. П о л о н и. Уæвгæ, цы фæнды дзурæд, йæ бар йæхи. Рейнальдо. Æмбарын. П о л о н и. Хорзыл амбæл! Рейнальдо ацæуы, Бацæуы 0 ф е ли. Офели! Циу, цы кæныс? О ф е л и. О, хуыцау! Куыд фæтарстæк! 290
П о^ они. ! Цæмæй? Хуыцау —дæ хизæг! О ф е}л и. Цыдæр хуыдтои, æваст мæм бауад Гамлет Бæгъæмсар æмæ гомтарæй; бынмæ, Йæ зæвæттæм йæ цъындатæ æрхаудтой, Дзæгъæлдзаст, ризы, уæрджытæ цыдæр Зыр-зыр кæнынц, цыма мæрдтæй æрхæццæ, Цæмæй мын уымы хабæрттæ зæгъа. П о л о ы и. Фыруарзтæй сæрра. О ф е л и. Афтæ мæм нæ кæсы, Фæлæ тæрсын. П о л о н и. Æргомæй дын цы загъта? О ф е л и. Р1æ рахиз къухæй ме ’нгуылдзыл хæцыд Æмæ лæууыди къахдзæфбæрц æддæдæр, Йæ галиу къухы аууонæй мæм каст, Цыма мæ, раст нывгæнæгау, хуыз иста. Фæкаст мæм бирæ, комкоммæ, лыстæг, Къух ауыгъта, æркуывта мын йæ сæрæй, Стæй афтæ тынг ныккæрзыдта, цыма йæ зæрдæйæ фæстаджы улæфт сирвæзт; Мæ къух мын суагъта, адард ис мæнæй, Р1æ уæхсчы сæрты каст мæнмæ фæстæмæ. Цыд размæ уый, йæ ка»ст та уыд мæнмæ. Суанг къæсæрæй куы ахызтис, куы адард, Нæ мæ систа йæ цæстытæ уæддæр. По л они. Мæ фæдыл цом æмæ къаролы ссарæм. Фыруарзынæй фæцудыдта йæ зонд, Миййаг, фыдми куы бакæна йæхицæн,— Æрыгон уд цы нæ бæллæх кæны! О, ахæм у лæджы хъысмæт нæ зæххыл, Фæхъазы нæ, фæхуды ныл. Хъыгаг! Кзед æм, миййаг, тызмæг уыдтæ фæстаг хатт? О ф е л и. Нæ, не ’нхъæлдæн, фæлæ дæ фæдзæхст зонын: Иæдæр йæ фыст æмæ нæдæр йæхи —■ Нæ сæ уагътон мæхимæ. П о л о н и. Гъемæ — сæрра! 291
Ф&смон кæнып, кæй йæ нæ зыдтон хорз. Æз афтæ ’нхъæлдтон, зæгъын, кæд рæузонд у, Фыдвæид кæны. Фæрæдыдтгрн, бæлвырд. Хуыцау æвдисæн, кæстæртæ рæдийынц Æнæмæтæй, фæлæ зæронд лæгтæ Фырзоидджынæй æнæнхъæлы рæдийынц. Цом паддзахмæ, нæ хабар ын зæгъæм. Æргом куы уай, куы не ’мбæхсай дæ уарзын, Уæд дæм фæстагмæ ничи хæсдзæн азым. Цом. 2 СЦЕНÆ Уат галуаны. Бацæуынц къар о л, Г ерт р уд æ} Розенкранц, Гильденстерн æмæ ф æ сд зæуинтæ. Къарол. Салам уын, Розенкранц, стæй Гнльдснстерн! Уæ фендмæ мах бæллыдыстæм, фæлæ ма Уæ фæсидтæн егъаудæр аххос уыд. Æвæццæгæн уæм фехъуыстаид, Гамлет Хуызæи кæй нал у. Фендæр ис бынтон Йæ уынд, йæ зондæн бамбарæн дæр нал ис. йæ фыд кæй амард, уымæй дарддæр ма Иæ уд цæмæй фæсахъат — ницы зонæм. Сымахæй курын,*йе ’мгæрттæй, — сымах Уый зонут хорз суанг уе скъолайы бонтæй,— Фæкæсут æм, фæлладуадзæн рæстæг Ам арвитут. Æдзухдæр зилут йемæ, Æмбырдæй хъазут, ирхæфсут уæхи, Æмæ амал цы ран уа, уым дзы, хъавгæ, Йæ низы сусæг ракъахут, цымæ Цæмæй тыхсы, кæнæ ма йыц цы хос м. Гертрудæ. Нæ хъæбул арæх мысыди сымах. Æвæццæгæн, нæ дунейыл сымах бæрц Нæ уарзы никæй. Кæд уæ фадат у, Уæд нын хæрзиуæг ракæнут — уæ рæстæг Нæ ныфсы тыххæй ма скæнут æвгъау, Уæ лæггад та нæ паддзахы лæвæрттæй Нæ уыдзæн рох. Розенкранц. Цытджын паддзæхтæн у Сæ бон æппæтдæр, бирæ сын ис бартæ 292
\ Сæ фæнд æххæст кæнынæн, — кургæ нæ — \ Сæ бон у домын. Гилъденстерн. I Фæлæ мах уæддæр, \ Сæргуыбырæй, нæ зонгуытыл, уæ разы I Лæууæм цæттæйæ, паддзæхтæ, цæмæй , Уæ бардзырд райсæм. К ъ а р о л. Бузныг, Розенкранц, Стæй ГильденстерЦ, , Гертрудæ. Стыр бузныг, Гильденстерн, Стæй Розенкранц. Уæ хорзæхæй, уæздæттæ, Ныр ахизут нæ фыртмæ. Нал у уый Иæхи хуызæн! — Нæ фæсдзæуиитæй исчи! Цу, Гамлетмæ сæ бахæццæ кæнут. Гильденстерн. Хуыцау зæгъæд, уæ фæнд æмæ нæ фæзынд Цы фæуой принцæн хос. Гертрудæ. Хуыцау зæгъæд. Роз е н к р анц, Гильденстеря æмæ фæ с д з æ уинтæ ацæуынц. Бацæуы Полони. П о л о н и. Цытджын къарол, Норвегий^е дзæбæхæй Æрбаздæхтысты минæвæрттæ. К ъ а р о л. Ды Кæддæриддæр æхсызгон хабар хастай... П о л о н и. Æмæ хæсдзынæн алкæддæр, къарол. Хуыцауы раз мæ уд сыгъдæгæй дарын, Къаролы раз та ’ххæст кæнын мæ хæс. Ныр та цы ног цау радаурынмæ хъавын? Каенæ ам магъз ныззæронд æмæ дарддæр Фæдылдзог куыдзæн нал бæззын, кæнæ йæ низы аххос базыдтон æз принцæн. К ъ а р о л. О, тагъддæр дзур. Фæнды йæ зонын мæн. П о л о н и. Къарол, фыццаг уал минæвæрттæм байхъус, Мæ хабар та дын — адджинаг, фæсхæрд. 2Ш
Къ а р о л. Дæ хорзæхæй, уæдæ сæ размæ акæс. П олони ацæуы. Хъуыстай, Гертрудæ, — базыдтон, дам, æз Уæ фырты зонд фæцудынгæнæг аххос. Гертрудæ. Фæсмойнагæн, ам иунæг аххос и: Къаролы мард, стæй чындзæхсæвы батагъд. Къарол. Бæрæг уыдзæн. Баздæхы Полони Вольтиманд æмæ Корнелиимæ. Салам, хæлæрттæ! Цæй, Куыд, Вольтиманд, норвегиаг цы ’рвиты? Вольтиманд. Æрвиты уын уæ саламмæ салам. Æфсæдтæ нал æмбырд кæнынц уæ ныхмæ. Лæмæгъ, рынчын æмæ зæронд къарол Æрцыди сайд: йæ кæстæр Фортинбрас ын Дзырдта, зæгъгæ, уæ ныхмаа нæу йæ хæст, Хæцынмæ, дам, æз Польшæимæ хъавын. Фæлæ йæ фæнд куы раргом, уæд къарол Фæсидт йæхимæ кæстæр Фортинбрасмæ Æмæ йæ бафхæрдта. Уæд Фортинбрас Ард бахордта, кæй ие схæцдзæн уæ ныхмæ. Фæцин ыл кодта зæронд къарол уæд, Æртæ мины йын фиддзæни мызд афæдз, Æмæ йын радта бар, цæмæй цæттæ Цы ’фсад фæкодта, араст кæна уыдон Æвæстиатæй Полынæйы ныхмæ. Дæуæй та куры аиы ран (Гæххæт æм дæтты ) Цæмæй йын Дæ зæххыл йе ’фсад ауадзай цæуын: Хъыгдардæй дзы кæй ницы, ’рцæудзæи, ууыл Сæрмагондæй ис а гæххæтты фыст. К ъ а р о л. Уæ хъуыддæгтæй иттæг разы стæм мах. Бæстон та сæм æркæсдзыстæм фæстæдæр Æмæ йын дзуапп дæр ратдзыстæм. Ныр та Уæ куыстæй бузныг. Суадзут ныр уæ фæллад. Изæры та нæм рацæут куывдмæ. 2П
Цæй, феныимæ уал. Вольтиманд æмæ Ко р не л и ацæуынц. П о л о н и. Хорз ахицæн хъуыддаг. Къарол — къарол у, йе ’ххуырст та — æххуырст. Рæстæг — рæстæг у, бон та — бон, æхсæв та — Æхсæв,— æцæг у уыцы хъуыды — нæу, Куы райдайæм мах уыдæттыл быцæу, Уæд уæгъды сафæм бон, æхсæв — нæ рæстæг. Цыбырæй дзурын — зонды нысан у, Фырдзурын та Цæстысындз у хъуыддагæн. Гъеуый адыл цыбыр дзурын: уæ фырт Фæзонддзыд и, — йæ зонд кæмæн фæцуды, Уый зонддзыД*у, о, ацæуы йæ зонд,— Цыбырдзырдæй... Гертрудæ. Æнæхъазгæ, бæлвырддæр. П о л о н и. Ам хъазт куы нæй, мæ буц æхсин. Æрра Æцæг у уый, стæй йе ’цæг та хъыгаг у, Хъыгаг та — йе ’цæг. Хорз кæронбаст иæу. Фæлæ, цæй, фод. Æнæхъазгæ зæгъдзынæн. Зæгъæм, æрра у. Ау, æмæ цы уа Йæ низы сæр, йæ фæсахъатæи аххос? — Сахъат уа, низ уа — ницы у уæлдай, Низ расайы сахъат, сахъат та низ у. Æмæ цы у, уый базонинаг у. Цыхуызы уæд? Мæнæн ис чызг, мæхи чызг, Мæ бардзырдæй мæм радта мæнæ ай. Æз æй кæсын, сымах лæмбынæг хъусут. «Уæларвон, мæ уды дзуар, мæ цæсты рухс Офели». Уый хæрз æвзæр ныхас у, ихсыд ныхас: «Мæ цæсты- рухс» — ихсыд ныхас у. Фæлæ хъусут дарддæр. Мæ- нæ. «Дæ диссаджы урс-урсмд риуыл дыууæ»... æмæ афтæ дарддæр. Гсртрудæ. Уый Гамлет фыссы чызгмæ? П о л о н и. Багъæц иуцъус, Æз сæ фæд-фæдыл бакæсон, æхсин. (Кæсы.) «Ды ма 'уУæнД мæйыл, хурыл,— Фæливынц нын нæ цæст, Æууæнд, — дæуæн æз дзурын,— Мæ уарзыныл æрмæст. 295
О мæ зынаргъ Офели, æз лымæн нæ дæн стихарæзти- мæ. Рифмæтæй уынæргъын — уый мæ лæмæгъдзинад нæу. Фæлæ дæу æз тыхджын кæй уарзын, о мæ дуне- йы рухс, баууæнд ууыл. Хæрзбон. Мыггагмæ дæу уы- дзынæн æрмæст, цалынмæ зæххы къорийыл æрттива мæ цæст. Гамлет». Гъе, уый райстон мæ коммæгæс чызгæй. Æмæ мын ноджы радзырдта, цы ран Кæд фембæлд йемæ уарзыны хъуыддаджы. Гертрудæ. Цы дзуапп ын радта уæд, цымæ, дæ чызг Иæ уарзынæн? П о л они. Зæгъут-ма: чи мæ хонут, Уæ хорзæхæй? К ъ а р о л. Ды дæ æнувыд лæг, Стæй — намысджын, П о л о и и, Нæ ауæрдын мæ удыл. Фæлæ сымах цы хуыдтаиккат мæн, Æз —уыцы уарзт йæ тæккæ гуырдзыл фенæг — Хæрын уын ард, йæ уарзын ын зыдтон Мæ чызгæй раздæр, — цавæр мæ хуыдтаис, . Ды, буц æхсин, æмæ ды, хорз къарол, .Æз сæм куы ницы скодтаин сыбыртт дæр, Фæрсæрдыгæй куы кастаин æнцад, «Сæ бар — сæхи» куы загътаин! Æрра мæ Хуыдтаиккат. Нæ, æз мæ чызгæн уæд Цæстæй-цæстмæ æвæстиатæй загътон: Принц Гамлет принц у, уый дæуæн нæу къай, Нæдæр уыдзæн. Ныффæдзæхстон ьш: хъуамæ Дæ зæрдæйыл ды сæвæрай гуыдыр. Фыстæг дæр нал, йæ лæвæрттæ йын аздах. Мæ чызг мæ коммæ бакаст æмæ принц, Йæ фæнд куы фæсыкк, байдыдта уæд сагъæс, Фæлыгъд йæ хуыссæг, нал æм цыд хæрын, Æнкъард кæны, йæ хуыз фæцыд, æрлæмæгъ, Фыццаг чысьтл фæцудыдта йæ зонд, Стæй уалынмæ уæззау рынчынмæ рахызт Иæ сагъæсæй. К ъ а р о л. Дæумæ куыд кæсы? '296
Раст. Æууæндын ыл. Полони. Зæгъут-ма иунæг хабар, Æз «афтæ у» кæмæй дзырдтон æмæ Æндæр чи рауад? Къаро л. Никæд уыдис ахæм. П о л о н и (Амоны йæ сæр æмæ йæ уæхсчытæм.) Дæттын уын ай æз ардыгæй лыгæн, Ныр дæр та раст дæн. Дæлзæхх уæд рæстдзинад, Æндахвæдыл æй ссардзынæн уæддæр. Къ ар о л. Куыд æй базонæм мах та? П о л он и. Уый æнцон у. Уый хатгай мæнæ авджын тыргъты, ам, Фæкæны тезгъо. Гертрудæ. Уый æцæг у афтæ. П о л о н и. Мæ чызджы йæм æрбарвитдзынæн æз, Лæудзыстæм мах та фæсæмбæрзæн сабыр, Æмæ сæм бакæс. Кæд мæ чызджы уый Нæ уарза, кæд нæу уарзынæй йæ рынчын, Уæд æз уынаффæйы лæг нал дæн, уæд Æз сургæ дæн. Къ а р о л. Цæй, хорз, разы дæн демæ. Г е р т р у д æ. Æд чиныг уæртæ ’рбацæуы, мæгуыр. П о л о н и. Уæ хорзæхæй, уæ дыууæ дæр цæугæут. Æз ыл мæхæдæг фембæлон. Къар ол, Гертрудæ æмæ ф æ с дзæуинтæ ацæуынц. Бацæуы Г амлет, Хатыр. Цыхуызæн у мæ дзæбæх æлдар Гамлет? Г а м л е т. Тынг хорз, табу хуыцауæн. 297
П о л о н и. Зоныс мæ, милорд? Г а м л е т. Иттæг хорз. Ды дæ кæсæгтæуæйгæнæг. П о л о н и. Нæ, цытæ дзурыс, милорд? Г а м л е т. Æвзæр дын нæ уапд уый хуызæн намысджыи уæвын. П о л о п и. Намысджын, милорд? Г а м л е т. 0, сэр. Мах рæстæджы дæс мин адæймагæй æрмæст иупæг вæййы намысджын. П 0 Л 0 Н И. Уый иттæг раст у, милорд. х I амлет. Суанг ма хур дæр, рухсы бардуаг, йæ тынтæ хæдмæл- мæ куы саразы, уæд æй скæлм кæны... Чызг дын ис? П о л о н и. Ис, милорд. Г а м л е т. Ма йæ уадз хурмæ. Гуырдз — арфæйаг у, хорзæх, фæ- лæ дæ чызгмæ куы фæзыла — ракъуыпп уыдзæн. Мæ хæлар, хъахъхъæн æй. ’ П о л о н и (фæрсмæ). Нæ загътон, нæ? Иуырдæм, пннæрдæм æмæ та фездæ- хы мæ чызгмæ. Раздæр æй нæ зыдтон. Кæсæгтæуæйгæ- нæг, дам! Арф бацыдис, о! Уæвгæ, ме ’рыгонæй, æз дæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстон уарзондзинадæй! Амæ мæ бирæ нал хъуыди. Бафæрсон та йæ. —Цы кæ- сыс, милорд? Г а м л е т. Дзырдтæ, дзырдтæ, дзырдтæ... П о л о н и. Æмæ цы дзуры, милорд? Г а м л е т. Чи «цы дзуры»? П о л о н и. Зæгъын: цы дзуры чиныг, цы кæсыс, уым дзырд цæ- уыл цæуы? Га м л е т. Хахуырыл. Фæлитой сатирæфыссæг æвдисы, зæрæд- тæн, дам, сæ зачъетæ урс вæййынц, сæ цæсгæмттæ — æицъылдтæ, сæ цæстытæй тæдзы бæзджын писи æмæ
балы чъиу, сæ сæрты,,дам, зонд нал вæййы, се’гъдты— хъару. Æз, сэр, уыдонæн се ’ппæтыл дæр æууæндын, фæлæ сæ мыхуыры уадзын — æдзæсгомдзинадыл ны- майын, уымæн æмæ, ды дæр, хорз лæг, ныртæккæ мæ карæн зæронд лæг уаис, фæстæмæдзу хæфсау, дæ фæстагæй размæ куы цæуис, уæд. П о л о н и (фæрсмæ). Кæд æрра у, уæддæр йæ ныхæстæ фæд-фæдыл æвæрд сты. — Милорд, дарддæр айсиккам нæхи гом уæлдæ- фæй? Г а м л е т. Кæдæм, ингæнмæ? П о л о н и. Æцæгæй, дарддæр зæгъæн нæй. (Фæрсмæ.) Куыд арф зондджын вæййынц хаттæй-хатт йæ дзуаппытæ! Ахæм цыргъзонд арæх æрцæуы æрратæм, æнæсахъат адæм- мæ та — стæм хатт. Æниу, цон, æрымысон, тагъддæр æй цыхуызы фембæлын кæнон мæ чызгыл. — Мæ кадджын принц, бар мын ратт ацæуьшæн. Г а ,м л е т. Мæ бон дын ницы раттын у уымæй æхсызгондæрæй. Мæ удæй уæлдай, мæ удæй уæлдай, мæ удæй уæлдай. П о л о н и. Æнæниз у, принц. Г а ,м л е т. О, ацы зынбыхсæн зæронд сæрхъæнтæ! Бацæуынц Р о з е нкр анц æмæ Гильденстерн. П о л о н и. Принц Гамлет уæ хъæуы? Уый мæнæ ис. Розенкранц. (Полонийæн). Бузныг, сэр. П о лони ацæуы. Гильденстерн. Нæ кадджын принц! Розенкранц, Нæ зынаргъ принц! Гамлет. Ба! Ме ’рдхæрдтæ! Ды дæ уый, Гильденстерн? Ды—Розенкранц? Мæ хæлæрттæ, куыд цæрут? Розенкранц. Зæххон цæрджытæй алкæйау — цæрæм. 29#
Гильденстерн. О, амондæй — æгæр амондджын не стæм. -Нæ дары мах йæ худы сæр хъысмæт. Га мл ет. Ау, уæдæ уæ йæ уафсы бын фæдары? Розенкранц. Сæ иуы дæр нæ æмæ се ’ннæйы дæр, принц. Га м л ет. Уый хорз у, иттæг хорз. Фæлæ уæм цы ног хабар нс? Розенкранц. . Ннцы, принц; æрмæст а дунейыл фæзындис намыс. Гамлет. О, уæд хъаймæт æрхæстæг ис. Уæвгæ, уæ хабар мæнг у. Æниу бæстондæр адзурæм. Цæмæй бацыдыстут, мæ хæлæрттæ, хъысмæты зæрдæхудты, цæмæн уæ рар- выста ардæм — ахæстонмæ? Гильденстерн. Ахæстонмæ, принц? Г а м л е т. О, а-гъай, Дани — ахæстон у. Розенкранц. Уæд æгас дуие дæр ахæстон у. Г а м л е т. Стæй дæсны арæзт ахæстон, бирæ тар къуымтæ, би- рæ ныккæндтимæ, æмæ уыдонæнДани у се’взæрдæр. .Розенкранц. Мах разы не стæм, принц. Г а м л е т. Уæдæ сымахæн ахæстон нæу, уымæн æмæ нæ алы- варс цы уынæм, уый хорз кæнæ æвзæр йæхи гъæдæй нæу: мах ын цы аргъ кæнæм, уымæ гæсгæ вæййы ахæм. Мæнæн Дани ахæстон у. Розенкранц. Цытуарзаг кæйда, уымæн дæм кæсы ахæстон. Дæ авналæнтæи дзы къуындæг у. Г а м л е т. О дуне! Æнгузы хъузджы мæ бакæнут, мæхи дзы ’нкъардзынæн æнæкæрон бæсты паддзахау. Фæлæ ме ’взæр фыитæ, ме ’взæр фынтæ! Розенкранц. Гъемæ фынтæ дæр цытуарзынæй æв$æрынц. Цыт- уарзаг—цы нæй, уымæй цæры. Йæхиуыл æрымысы уæлæуæз цыдæр, баууæнды йыл, ахæм дæи, зæгъгæ; цытуарзаг йæ фынты æндар у, йæ хъуыдыты аууон. 300
Г а,м л е т. Фын — йæхæдæг аууон у. Розенкранц. Гъеуый дын загъдæуа. Цытуарзып нæдæр уæз кæ- ны, нæдæр ый уырзæй басгарæн ис — ницы у. Га м л ет. Иудзырдæй, уæдæ — мæгуыртæ сты æцæгдзи- над, уыдон цытуарзон не сты, — паддзæхтæ æмæ тыхдымд хъæбатыртæ та — мæгуырты аууæттæ. Æниу, цымæ, зондæй ерыс кæныны бæсты уæл- дæфмæ акæсын хуыздæр нæ уанд? Бауырнæд уæ, мæ сæр бафæллади. Розенкранц æмæ Г и л ь д е н с т е р н. Мах зилдзыстæм дæ фæдыл лæггадгæнджытæй. Г а м л е т. Нæ, цæмæн! Мæн нæ фæиды сымах ме ’ннæ лæг- гадгæнджытæм бафтауып. Æгæр дæр ма зилыиц мæ фæдыл а фæстаг рæстæджы. Фæлæ, раст-ма зæгъут, цæмæн стут ам, Эльсиноры? Розенкранц. Дæумæ уазæгуаты, прииц, æмдæр ницæмæи. Г а м л е т. Æз ахæм’мæгуыр дæн æмæ уын ницæмæй у мæ бон хæрзиуæг ракæнын. Фæлæ уын арфæ кæнын — ныхасæй. Æниу, сымахæн иыхасæй аккаг арфæ ракæ- нын — уый кæуылты хорзæх у! Æрвитгæ уæм акод- той? Æви уе ’рбацыд уæхи фæнд у? Барвæндопæй æр- бацыдыстут? И? Уæ хорзæхæй, æнæсайгæ. И? И? Цæй, куыд? Гильден с те р н. Цы дын зæгъæм, милорд?.. Г а м л е т. Уæлдай нæу, цыфæнды уæд, æрмæст æргомæй. Ар- выстой уæм. Уый уæ цæстæнгасыл афтæ бæрæг у, æмæ йын иицыхуызы ис бамбæхсæи. Æз æй зонын, хæлар- зæрдæ къарол æмæ йæ ус уæм арвыстой. Розен’Кранц. Уæд цæй фæдыл, принц? Га м л е т. Уый уæхæдæг хуыздæр зонут. Æцæг басомы кæ- нут нæ раздæры лымæндзинадæй, нæ уарзондзина- дæй, нæ пумæйаг сыгъдæг сæнттæй, дунейы сыгъдæг* дæр цы пс, уымæй: дыууæрдæм ма кæнут мемæ. Æр- витгæ уæм ’иæ акодтой? 301
Розенкранц (Гильденстернæн). Цы йын загъдæуа? Г а м л е т (фæрсмæ). Уынут, фæуæлгоммæ сты! — Кæд мæ уарзут, уæд æргомæй зæгъут. Гильденстерн. Мнлорд, æрвыст нæм уыдис. Г а м л е т. Зæгъон уын æй — цæмæн? Æз уæ рагацау базыд- тон, æмæ æргом куы уат’мемæ, уæд уымæй къарол æмæ ус-паддзахы раз уæ сусæг хæс æрдухъуаг дæр иæ фæуыдзæнис. Цæй аххосæй уа—нæ зонын, фæлæ мыл а фæстаг рæстæджы æрхæндæг бафтыдис, ’ахуы- рæн нал дæн. Афтæ тыхсын, æмæ мын а дунейы ди~ динæгдон — зæхх — æдзард афтид айнæг фестадис. Афтæмæм кæсы, цыма нæ сæрмæ бæрзонд æрвирдьг зæрин стъалытæ нывæфтыдæй кæуыл ныддуртæ сты, уыцы уæлдæфон цатыр, смаггæнаг æмæ низæфтауæг тæфæй арæзт у. Цы диссаг у æрдзыл адæймаг! Куыд уæздан у йæ хъуыды! Цæйбæрц у йæ хъзру! Куыд æмбисонд у йæ конд, йæ фæзылд! Йæ митæй куыд хæстæг лæууы зæдтæм! Хуыцаумæ йæ бирæ нал хъæ- уы йæ зондæй! Дун-дунейы фидыц! Цæринæгтæн се ’ппæты худ! Фæлæ цы у мæнæн? Цы мын дæтты уы- цы мæлинаг тых? Мæ зæрдæ нæ рухс кæны нæлгой- мæгтæй, стæй сылгоймæгтæй дæр,ч кæд мыл уæ- мидбылты худут, уæддæр. Розенкранц. Принц, ахæмæй нæ хъуыдыйы куы ницы ис. Г а м л е т. Уæдæ цæмæн бахудтыстут уæ мидбылты, мæ зæр- дæ нæлгоймæгтæй нæ райы куы загътон, уæд? Розенкранц. Чи ’рбацæуы, уыцы хæтаг актертæ æрмæст нæл- гоймæгтæ сты. Æмæ ахъуыды кодтон: хæрзаг сæм„ зæгъын, марходарæджы каст ракæндзынæ! Мах сæ фæндагыл федтам. Ардæм æрбацæуынц, цæмæй дын равдисой сæ дæсниад. Г а м л е т. Къарол хъазæгæн — кувын мæ сæрæй. Ие стыр- дзинадæй уыдзынæн хъалондар. Хотыхджын хæтæг- барæг дæр ссардзæни куыст йæ кар æмæ йæ уартæн. Уарзæгойы арф улæфтытæ дзæгъæлы нæ фæуыдзыс- ты. Æрхæндæггæнагæн æрынцайдзæц йæ уд. Айуаны 302
хъæлдзæг æмæ худæн ныхæстæм адæм кæндзысты гуыбынхæлд. Сылгоймаг хъазæг актер рафæлдахæд йæ зæрдæ, стихарæзтыл хъуыды дæр ма кæнæд. Ца- вæр актертæ сты? Р о з е н к р а н ц. Кæддæр бирæ кæй уарзтай, уыдон,— горæтаг. т.ра- гиктæ. Га м л е т. Цы сæ бафтыдта рацу-бацуйыл? Иу ран уæвын сын пайдадæр уаид æхцайæ дæр æмæ кадæн дæр. Р о з е н к р а н ц. Мердыгонау сæм хицауад фæстаг рæстæджы цы- дæр зул цæстæй кæсын байдыдта... Т’ а м л е т. Æз горæты куы уыдтæн, уæды хуызæн кад ма сын кæнынц? Æхца ма сæм афтæ хорз æфты? Розенкранц. Нал, раст зæгъын хъæуы, афтæ хорз нал у. Г а м л е т. Цæуылнæ? Æви сæ апвад æрхаудта? Розенкранц. Нæ, сæ аивад тæмæнтæ калы раздæрау. Фæлæ го- рæт рауагъта дунейы сабитæ, ахстонæй ратæхæг цъиутау, уыдон цъыбар-цъыбур кæнынц лыстæг хъæ- лæстæй.æмæ адæмы сæхимæ аздæхтой. Ныр кад уы- донæн нс, стæй зæронд театримæ ахæм быцæу кæ- нынц, æмæ уырдæм суанг æфсæддонтæ дæр нал уæн- дынц— мыхуыры, дам, иыл куы фæхудой! Г а м л е т. Ау, ахæм тæссаг сты уыцы сабитæ? Чп сæ дары? Цас сын фидынц? Иудадзыг уыдзысты аивады, æви ца- лынмæ сæ хъæлæстæ нæ фехæлой, уалынмæ? Фæстæ- дæр, сæхæдæг хуымæтæджы театры актертæ куы суой, уæд фæсмон нæ кæндзысты, зæрæдты ныхмæ кæй уы- дысты, ууыл? Æви мыггагмæ сабитæ уыдзысты? Р о з е н к р а п ц. Раст зæгъын хъæуы, бирæ фæхъаугъа кодтой, стæй сæ адæм дæр ардыдтой кæрæдзийыл. Иузаман пьесæйæн фидгæ дæр ницуал кодтой, автор дзы йæ литературон знаджы куы нæ дæрæн кодтаид, уæд. Гамлет. Уый а^цæг уыд? Розенкранц. О, бнрæт-æ фесты зæрдæхæлд уыцы быцæуы! зоз
\ Гамлет. Æмæ дзы сабитæ кæнынц уæлахиз? Ро&енкранц. О, принц. Суаиг зæххы къори йе ’ккойдарæг Герку- лесы театрыл дæр. Г а м л е т. Æмæ уый цы диссаг у? Мæ фыдыфсымæр Данийы къарол куы сси! Мæ фыды æгасæй йæм сдзурыныл дæр æлгъ чи кодта, уыдон ын ныр йæ ницæйаг чысыл нывтыл дæр дыууын, цыппор, фæндзайгай æмæ суанг сæдæгай дукаттæ куы фидынц! Дуне цыдæр кодта, фæлæ цы — хæйрæг йæ дæсны, æрмæст æй филосо- фийы бон у базонын. • Хъуысы трубаты уасын. Гильден стер н. Мæнæ актертæ дæр. Г а м л е т. Æгас цæут, æмбæлттæ, Эльсинормæ! Уæ къухтæ! Уазæгуарзын—уæздан æгъдæуттæ фæдомы. Уæдæ сæ кæрæдзийæн ^эавдисæм, науæд актертыл куы фембæ-' лон, уæд аф-тæ зæгъдзыстут, уыдонæн хуыздæр кад’ скодта. Ноджыдæр æгас цæут! Фæлæ мын фыдыф- сымæрæй фыд чи у æмæ фыдыфсымæры усæй та — мад, уыдон рæдийынц. Гильденстерн. Цæмæй, милорд? Г а м л е т. Æз æрра вæййын. æрмæст цæгатаг дымгæмæ, фæ- лæ хуссайрагмæ—уари нæ ивддзаг кæнын кæсагла- сæй. Бацæуы Полони. П о л о н и. Фарн ам, уæздæттæ. Г а м л е т. Хъусут-ма, Гильденстерн, æмæ ды дæр, Розенк- ранц. Алы хъусæн дæр — фæйнæ хъуссæджы. Ацы зæронд саби нырма сывæллоны хæцъилты тыхт вæй- йы. < Розенкранн. Кæд сæм фæстæмæ бахауд, дыккаг хатт? Афтæ куы фæдзурынц: зæронд— саби у. 304
Г а м л е т. Ард уын хæрын, уый дæр актерты хабар хæсеæг у. Кæсут-ма-иу. — Иттæг раст, сэр... Къуырисæры рай- соммæ, дæхи загъдау. П о л о ни. Милорд, хъусын дын кæнын ног хабар. Г а м л е т. Милорд, хъусын дын кæнын ног хабар. Римы ма Росци куы уыдис актер... Голони. Актертæ ’рбацæуынц, милорд. Гамлет. Ау, æцæг уа? Кæс, кæс, кæс... П о л он и. Ард хæрын, милорд! Г а м л е т. Ивтыгъд уæрдоны — хæргæфс. П о л о н и. Дунейы хуыздæр актертæ хъазынц алцыдæр, зæ- гъæм: трагедитæ, комедитæ, æвдисынц хроникалон, пасторалон-комикон, историо-пасторалон-трагико-ис- торион, трагико-комикон æмæ историон-пасторалон уацмыстæ, стæй сценæты æхсæн—алы диссæгтæ. Сене- кæйы арф мидис, Плавты рог аивад сæ разы мур дæр ницы марынц. Æнæ чиныгæй кæсынмæ æмæ сын экс- промттæм æмбал нæй а дунейыл. Г а м л е т. О Еффай, израилаг тæрхонгæнæг, щл диссаджы хæзнадæм уыдис! П о л о н и. Цавæр хæзна йæм уыдис, принц? Г а м л е т. Уый иу æмбисонды чызг хаста Æмæ йæ афтæ бирæ уарзта... П о л о н и (фæрсмæ). Мæ чызг йæ сæры ныссагъди! Г а м л е т. < И? Афтæ нæу, зæронд Еффай? П о л о н и. Кæд æз Еффай дæи, уæд иттæг раст дæ: мæнæн ис чызг æмæ йæ æцæг уарзын бирæ. Г а м л е т. Нæ, æппындæр нæу уый раст. 20 Шексшт 305
П о л он и. Уæдæ цы у раст, милорд? Г а м л е т. Цы куы зæгъай, уæд: Хуыдау куы сныв кæны мæлæт, Уæд æй æххæст кæны хъысмæт. Стæй дæхæдæг куы зоныс: Цыфæнды бирæ хостæ кæн, Уæддæр ын къахгæ у ингæн. Дарддæр-иу æй дæхæдæг бакæс дины стихы фыц- цаг строфайы, ныр та, бахатыр кæп, уымæн æмæ нæхи кæндзыстæм ирхæфсгæ. Бацæуынц иу-цалдæр актер ы. Æгйс цæут, мæ хæлæрттæ! Табуафси! Цин кæнын уе ’гасыл дæр. Æгас цæут, мæ удæнцæйттæ. — Ба, зæронд лымæн! Кæс-ма, цы зачъе раскъæрдта мæ фæстæ! Зачъейы аууон бамбæхстæ, афтæмæй мыл Данийы худынмæ ’рбацыдтæ, нæ? — Уый ды дæ, сау- рæсугъдты хъазæг? Зæдты бардуаг, уый нæ фембæл- дæй нырмæ дзабыры зæвæты бæрц куы фæхæстæг- дæр дæ арвмæ! Ныфс мæ ис, дæ хъæлæс мæнг зæлланг кæй нæма кæны, ихсыд сызгъæрин æхцайау. — Цин кæнын уе ’ппæтыл дæр, мæ хæлæрттæ! Цæй æмæ, францусаг цуа- нæттау, фæлæбурæм, æппæты фыццаг цы ссарæм, уы- мæ. Уæ хорзæхæй, иу исты монолог. Равдисут уæ хуыздæр аивад. Цæй-ма, зæрдæагайæг монолог. I - а г акте р. Кæцы монолог, хæларзæрдæ гфинц? Г а м л е т. Хъуыды ма кæнын, иухатт мын кастæ скъуыддзаг; сценæйы æвдыст никæд уыдис, иунæг хатт йедтæмæ,— хицæутты зæрдæмæ нæ фæцыдис пьесæ, иæ йæ ра- уагътой. Бирæ адæм та йæм, цыма еугæфмæ — сæ бы- цъынæг тыдтой. Канд æз нæ, мæнæй бирæ фылдæр чи зоны, уыдон дæр æй алæмæты фыст, сценæтыл раст дихгонд, зондджын амад пьесæ хуыдтой. Чпдæртæ дзы хъазт кодтой, йе стихы, дам, нæ фаг кæны æхсыз- гондзинад, йе взаг не ’вдисы авторы бæрзонд уæлтæ- мæн, фæлæ, дам, ыл кусгæ бакодта зæрди^æй, йе сфæлдыстады нæй уæлдай бибптæ, æнæниз æмæ рæ- сугъд кæны адæймаджы удыхъæд, Уæлдай фылдæр дзы уарзтон иу монолог, Эней Дидоиæимæ кæм ны- 306
хас кæны, уый — Приамы амарды тыххæй. Кæд ма . дæ зæрдыл лæууы, уæд райдай мæнæ ацы бынатæй, багъæц-ма... «Хъуынтъыздзаст Пирр, гиркайнаг сырдæй карз- дæр»... Нæ, афтæ нæу, фæлæ йæ райдайæн Пирр у: «Хъуынтъыздзаст Пирр, йæ кард æмæ йæ зæрдæ Кæмæн ысты мæйдар æхсæвау тар, Уый сахуырста сырх тугæй ныр йæ дарæс, Æмæ йæ уындæй адæймаг кæрзы: Фыд, мад, фырт, чызг — цъыкк сæ кæны йæ кардæй, Йæ сæрæй къæхтæм туджы самæст.Пирр, Йæ фæйнæфæрсты туджы судзынц къултæ Æмæ лæгсырдæн рухс кæнынц фæндаг Иæ нысанмæ. Ныхъхъæбæр Пиррыл туг, Сырх пиллон уадзы маргзæрдæ лæгмарæг, Йæ сырх цæстытæ туджы зилы, кæд Приамы ссарид»... Дарддæр кæс дæхæдæг. о л о н и. Зæдтыстæн, милорд, хорз кæсыс, хорз дикци дын ис, тынг арф æнкъарыс. аг а кте р. «Пирр æй мæнæ ссардта. Тыххæй ма снста йе ’хсаргард Приам, Фæлæ хæствæллад паддзахæн йæ къухæй Фæстæмæ ’рхауд. Æрбауади йæм Пирр Æмæ уæхскуæзæй систа кард Приаммæ. Фæллад паддзахмæ нал уыди хъару.— Æвирхъау Пирры карды ’хситтæй зæхмæ Æрфæлдæхти. Бынысыгъд Илион, Цыма йæ кадджын паддзахыл нынниудта— Æркалд æма* йæ судзгæ къулты бын Фæкъуырма Пирр, йæ уæззау кард йæ сæрмæ, Цыма тæхгæйæ уæлдæфы фæсагъд — Цæстныкъуылдбæрц æнæзмæлгæ фæлæууыд Æндзыгæй Пирр, лæгмарæджы нывау, Фæлæ кæм, кæм! —фыдуады размæ æрвтæ Куыд фæхъус уой, куыд нал вæййы дымгæ, Куыд æнцад вæййынц мигьтæ, æ-мæ бæстæ Куыд бандзыг уой, мæлæтау, стæй æваст Бæрзондæй арв куыд ныннæры, фæйнæрдæм Цæхæркалгæ... Раст афтæ фехъал Пирр, Æмæ та хæсты тугмондагæй бацыд. 307
Циклоптæ Марсæн кард куы цагътой, пуæд Æндон куьтд хостой куырдадзы дзæбугæй, Раст уый хуызæн сырх-сырхидæй йæ кард , Æруагъта Пирр æгъатырæй Приамыл. Фæхуд дæхиуыл, о хъысмæт! — Хуыцау, Йæ кард ын байс, ныппырх ын æй кæн дуртыл Æмæ йæ фехс бæрзонд æврæгътæй раст Мæйдар зындонмæ!».. П о л о н и. Уый æгæр даргъ у. Г а м л е т. Уый æлвынæгмæ арвитдзысты дæ боцъоимæ.— Кæс дарддæр, дæ хорзæхæй. Ай уарзы æрмæст кафы- ны зарджытæ æмæ æнæфсарм анскдоттæ, æндæр ис- тæмæ фынæй кæны, хуыссæг æй ацахсы. Рахиз Геку- бæмæ. 1 -а г актер. «Ныффæлурс и тæригъæддаг ус-паддзах»... Г а м л е т. Тæригъæддаг ус-паддзах? П о л о н и. Уый хорз у! «Тæригъæддаг ус-паддзлх», — уый хорз у! 1-агактер. «Мæллæг, зæроид ус-паддзахæн хæцъил Йæ сæрыл баст, йæ астæуыл — хъæццул тыхт, Бæгъæввадæй дыууæрдæм тахт, иыма Йæ цæстысыгтæй пиллон хуыссын кодта. О, уый тæригъæд чи федтаид, уый Фыдæлгъыстаг фæкодтаид, хъысмæты. Куыд хъазыд мæгуыр ус-паддзахæй Пирр, йæ лæджы йын куыд къуыхтæ кодта кардæй, Куы федтаид хуыцæутты хуыцау уый, О, йе ’нцойад фæлыгъданд уæлæрозтæй: Æнамонд ус-паддзахы уындæй уæд Иæ уадултыл нызгъæлдаид йæ цæссыг». П о л о н и. Кæсут-ма, куыд афæлурс, йæ цæссыгтæ кæлынц! Дæ хорзæхæй, æгъгъæд у. Га м л е т. Хорз. Дарддæр æй бакæсдзынæ фæстæдæр. Цыт- джын уæздан, дæ цæст фæдар, цæмæй хорз феной ак- терты. Хъусыс, хъуаг сæ ма ныууадзут, уымæн æмæ адон сты нæ заманы хуызæвдисджытæ. Де ’гасæй дыл 308
адон фыдгой куы ахъæр кæной, уæд дын уый дæ цыр- - тыл æвзæр фыстæй фыддæр уыдзæни. Т1 о л о н и. Принц, балæггад сын кæидзыстæм, цы аккаг сты, уымæ гæсгæ. Г а м л е т. Нæ, хуыздæр, хæйрæджы амæттаг уæздан! Чи цы аккаг у, уый йын куы кæнай, уæд ды æнæ надæй нæ аирвæздзынæ. Дæ ном, дæ намыс дын цы амал дæт- тынц, уымæй сын мацы бавгъау кæн. Цас сæм хуыз- дæр фæкæсай, уыйас дæхимæ дæр фылдæр хæрзиу- джытæ æрхаудзæн. Ахон сæ. П о л о н п. Цомут, уæздæттæ. Г а м л е т. Цæут йæ фæдыл, мæ хæлæрттæ. Райсом — нæ хъазтизæр. По лоны æмæ акт е рт æ, фыццагæй фæстæмæ, ацæуынц. Зæгъ-ма, мæ зæронд хæлар, «Гонзагойы амард» ахъазиккат. 1 - аг а кте р. О, милорд. Тамлет. Æрæвæр æй уæдæ сомизæр. Зæгъ-ма, куы бахъæ- уа, уæд-иу 12—16 рæнхъы сахуыргæнæн уаид, æз кæй иыффыссон, ахæмтæ? 1 - а г а к т ер. О, милорд. Г а м л е т. Иттæг хорз. Цæугæ ды дæр уыцы уæзданы фæдыл; æцæг, хъусыс, ма-иу æй фæзм. Фыццаг акт е р ацæуы. Хорз уал байрйайут изæрмæ, мæ хæлæрттæ. Ыо- джыдæр: мæ дзæбæх уазджытæ стут Эльсиноры. Р о з е н к р а н ц. Хæрзбон уал, прннц! Г а м л е т. Фæндараст ут! Роз е нкр анц æмæ Г ил ь д енстерн ацæуынц. Кæдæй-уæдæй дæн иунæг! Цæй æнаккаг цагъар дæн уæдæ, цæ! 309
Ай диссаг нæу, актер дæр ма йæ фæндтæ, Йæ мысæггаг æнкъарæнтæ бæтты Йæ хъуыдытыл, стæй цавæр хуызы нрджы* Йæ хуыз фæцыд, ныффæлурс и, кæлынц Йæ цæссыгтæ, ныффæсус и’’йæ хъæлæс, Йæ зæрдæ йын цы маст æууилы, уый Зыны йæ уæлæ! Ау, æмæ цæй фæдыл? Æрмæст Гекубæйыл? Æмæ ай циу Гекубæйæн? Цы у Гекубæ амæн? Ау, уагæры ц,ы бакæнид ныр ай, Мæ бæрц ода йын йæ маст исынæн аххос Куы уаид, уæд? Фæдæлдон кæнид мах Йæ цæссыгты, йæ судзаггаг ныхæстæм Фыдгæнæг сæрра уаид, раст лæг сæм Ныдздзыназид, сæрхъæн сæм хъусид джихæй Æмæ лæг фестид дойнаг дур. Æз та, Къуымых æмæ тæригъæддаг гуырд, зилын Мæ зивæджы хуыссæгхъæлдзæгæй, мур Нæ равдыстон лæгдзинадæй, мæ фыдæн Йæ цард, йæ худ цы цъаммар байста, уый Æфхæрынæн. Цæмæн тæппуд дæн? Чи мын Зæгъдзæн: «æлгъаг дæ»? Чи ныццæвдзæн мæн? Чи бауæнддзæн мæ зачъетæм æвиалын? Кæнæ мæ фындзмæ? Чи фæхондзæн мæн Æнаххосæй мæнгдзурæг? Цæй-ма, чи у? Æргом мæм рацу? «Раст дæ» йын зæгъин. Нæ, æз чысыл бæлоны мастæй судзын, Нæ хатын, циу фыдхудинаг, æндæр Æз барвыстаин сау сыджытмæ раджы Хъæддаджы мард. Цæстфæливæг хъапхай! Мæнгард, фыдгæнæг, тугæйдзаг, хæцаг калм! О, маст, маст, маст! Хæрæг куыд нæ дæн æз! Æз, мард кæй фыд æрцыд. Хуыцау мын загъта: Цæй, фезмæл, райс дæ судзгæ маст! Æз та, Æз та мæ зæрдæ ирхæфсын мæнг хъæртæй, Æлгъитынæй! О, къустæхсæг сылваз! Пуй, уаллон! Райхъал у, мæ зонд! Кæддæр мын Дзырдæуыди, фыдракæнæг лæг, дам, йæ мийы хуызæн равдыст ныв куы фены, Уæд хъазтмæ джихæй баззайы æмæ Йæ фыдракæндыл басæтты йæха^дæг. Лæгамард—кæд æгомыг у, уæддæр Иæхи нымудзы. Актертæн зæгъдзынæн, Цæмæй къаролæн ахъазой, мæ фыд
Куыд мард æрцыдис, ахæм ныв. Кæсдзынæн — Цымæ йæхи куыд равдисид. Кæд о, Уæд зонын æз, куыд кæнгæ у. Кæд æндар Дæлимон уыд! Дæлимон, дам, вæййы Æппæт хуызты. Кзед сайæгой дызæвæт Зыдта, миййаг, мæ уды тыхст, мæ маст Æмæ 1'ыр кæд мæ фесафынмæ хъавыд. Нæ, мæн хъæуы æвдисæнтæ хуыздæр. Цы хъ\зт нæм уыдзæн райсом, уый архъан у: Къароты цæсгом равдисын— мæ хæс, Æмæ йæ рухсмæ раласдзынæн æз.
I СЦЕНÆ Бацæуыщ къарол, Гертрудæ, Офели, Розенкранц æмæ Г иль д е нстер н. Къ а р о л. Уæдæ уæ бон нæу базонын, цæй тыххæй, Цæй аххосæй æрра кæны йæхи? Цæуыл тыхст у, цæмæн йæ зондæй цуды, йæ удæнцой цæй тыххæй фесæфт, уый? Розенкранц. Сæтты, йæ зонд йæхи гъæды кæй нал ис, Фæлæ цæмæй — нæ нын хъæр кæны уый. Г и льд ен сте рн. Фæрс æй куыдфæнды — ракъахын нæ комы. Куы йæ фæфæрсæм йе ’нæнизæй, уæд Цыдæр хинæй фæтылиф кæны уайтагъд. Гертрудæ. Куыд ракасти сымахмæ та? Розенкранц. Хæд-зонд, Хæрзæгъдауæй. Г и л ьд ен ст е р н. Фæлæ чысыл — æхгæдæй. Розенкранц. Фæрсгæ нæ кодта къаддæр, фæлæ дзуапп Бæстон лæвæрдта. Гертрудæ. Исты хъæлдзæг хъазтмæ Нæ ракуымдта? Р о з е н к р а н ц. Иттæг хорз рауад уый. Актертæ федтам фæндагылдзырдтам ын
Æмæ йын тынг æхсызгон уыдис уый. Ныртæккæ ам, уач галуаны сты уыдои, Æмæ сын принцæй хæслæвæрд æрцыд — Изæры хъазын. П о л он и. Уый æцæг у афтæ. Фæдзæхста мын, цытджын паддзæхты, дам, Æрбахон хъазтмæ. Къарол. Цингæнгæ! Æгайтма Иæ зæрдæ барухс, хъазын æй фæнды. Сымах, лæппутæ, бацархайут дарддæр, Цæмæй фæгæрз уа хъазынмæ, цæмæй Нæ кæна ’нкъард. Р о з е н к р а н ц. Нæ паддзах, уый дын — не ’вджид. Г и л ьд е нсте р н æмæ Розенкранц ацæуынц. Хъарол. Мæхи Гертрудæ, ацу уал ды дæр. Мах ардæм сайæм Гамлеты иыртæккæ. Æнæнхъæлæджы фембæлдзæнис ам Офелийыл. Æнæбары шпионтæй Æмбæхсæм мах йæ фыдимæ, цæмæй Нæ фырты низæн базонæм йæ аххос: Æцæг у уарзондзинад, æви нæу. Г е р т р у д æ. Цæй, æз цæуын. Фæнды мæ тынг, Офели, Цæмæй йæ низæн аххос уа æрмæст Дæ уарзондзинад; ахъазгæнæг та йын Куыд уа дæ хæрзуд, цардамондыл мын Куыд бафтауай ,мæ фырты дæр, дæхи дæр. О ф е л и. Хуыцау зæгъæд! Ге ртр у д æ ацæуы. Полони. Офели, ардæм. Ды Ам тезгъо кæн. — Ды та, мæ паддзах, бамбæхо.— Мæ дзæбæх чызг, æфсонæн чиныг райс, Æмæ йæ кæс, цыма кæныс ам тезгъо Хæрз иунæгæй. Гъе, ахæмтæ стæм мах: Æдде нæхи сыгъдæгудтæй æвдисæм, Фæлæ фæсæрдæм хæйрæгæн дæр уæд Йæ былтыл сой. 313
К ъ а р о л (фæрсмæ). О, уый æцæг у афтæ! Цыма мыл раст йæ ехсы цæф æруад. Хъапхайы рустæй ахуырст сис, уæд уыдон Куыд чъизи уой, рæсугъд ныхæсты бын Мæ митæ дæр раст — афтæ. О, цæй зын у! П о л о н и. Æрбацæуы. Мæ паддзах, иуварс цом. Къарол æмæ Полони ацæуынц. Бацæуы Гамлет* Г а м л е т. Уон, йе—-нæ уон, гъеуый у фарст. Лæгдзинад Цы у: уæззау хъысмæты раз сæттын, Æви мæлæтдзаг тох кæнын йæ ныхмæ, Цæмæй æгæрон хъизæмæртты уаргъ Ныппырх кæнон? Мæлæт. Мæрдвынæй бау. Æрмæст-ма, зон, лæджы буар зæххыл Цы бирæ хъизæмæрттæ ’взары, уыдон Кæй нал уыдзысты. Уымæй ма хуыздæр Цы бæллиц уа? Мæлæт. Мæрдвынæй бау. Фынæй... Æмæ фынтæ уындзæни лæг? Мæрдвынæй лæг цæй фын уындзæн иæ фыны, Йæ зæххон уд куы нал уа йемæ, уæд? Гъеуый—йæ бæллæх. Уый нын кæиы даргъдæр Нæ удхайраг, нæ хъизæмайраг цард. Æндæр цы лæг ныббарид дуджы бафхæрд, Тыхджыны ’фсондз, сæрыстыры фæх^дт, Æнæист уарзт, æнæрасты уынаффæ,"* Бæрзондыл бадæг хицауы фыдми, Æгъдауджыныл æнæгъдауы æлдарад? — Лæг хъама райсид — фервæзид æрмæст Йæ иу цæфæй. Кæй бафæндид, уынæргъгæ, Фыдæбойнаджы царды уаргъ хæссын, Мæрдты бæстæй—нырма фæстæмæ иу дæр Кæцæй нæ раздæхт, уымæй—афтæ тынг Куы нæ тæрсиккам, уæд; фæлæ мæлæтæй Æнæнцой цард хуыздæр кæсы лæгмæ — Уæлæуыл цардæй мæрдты ’хсæн лæзæрæм! Гъе афтæмæй лæмæгъ кæны нæ уд, Нæ хъуыды руайы дидинау, нæ зонд та, Къуымыхгæнгæ, къуырццæвæнмæ цæуы. Гъе афтæ сæфы, развæлгъау парахат Цы сфæнд кæнавм егъау хъуыддагæн, уый, Æдзух фæстæмæ ’ргъæвгæ... Фæлæ сабыр!— Офели! О мæ цины сæр, мæ зæд, 314
\ Æрымыс мын мæ тæригъæд дæ куывды. О (&е л и. \ Дзæбæх уыдтæ, принц, а фæстаг рæстæджы? Гам!ле т. Д Иттæг бузныг: дзæбæх, дзæбæх, дзæбæх. Офе Ди. ш-ринц, ис мæнмæ дæуæй цыдæр лæвæрттæ. Фæстæмæ дын сæ раттынвæнд кæнын. Гъа, айс сæ. ГамлеУ Нæ, цытæ дзурыс, рæдийыс, Дæуæн лæвæрттæ никæд радтон æз. Офе л и. Нæ, радтай, принц,—уый зонус тынг хорз. Семæ Цы уарзон буц ныхæстæ кодтай ды, Уæлдай зынаргъ та уыдонæй уыдысты. Ныр нал хъæуынц. Нысан сын нал ис. Айс. Хæрзæгъдау чызг, дæ зæрдæ йыл куы сивай, Уæд ын лæвæрттæ нал фæкæнынц ад. Дæ хорзæхæй. Г а м л ет. А! Æмæ ды хæрзæгъдау чызг дæ? О фе л и. Милорд! Г а м л е т. Рæсугъд чызг дæ? О ф е л и. Цы зæгъинаг у дæ уæздандзинад? Г а м л ет. Уый, æмæ кæд хæрзæгъдауæй рæсугъд дæ, уæд дæ хæрзæгъдауы ницæмæн хъæуы рæсугъддзинад. О.фе л и. Ау, рæсугъддзинадæн хæрзæгъдау йæ хуыздæр хъузон нæу? Г а м л е т. О, куыннæ ма! Цæмæй рæсугъддзинад цъымарамæ баласа хæрзæгъдаудаинады. Раздæр уый никæй уыр- ныдта, ныр та йыл гуырысхо ничиуал кæны. Æз дæу уарзтон кæддæр. О ф е л и. Раст зæгъыс, принц, уырныдта мæ. Т а м д е т. Хъуамæ дæ ма уырныдтаид. Цасфæнды уæд адæй- 315
магмæ хæрзиуджытæ, уæддæр йæ уд тæригъæдджык у. Æз дæу нæ уарзтон. I 0 ф е л. и. / Уый та мын ноджы уæззаудæр сайд V. Гамлет. г Ацу беридонмæ. Цæмæн дæ хъæуы тæригъæдджын- тæ зæнæг кæнын? Æз хæрзæгъдау дæн, фæлæ мæхи- мæ дæр ахæм хъæнтæ арын, æмæ мæ фæлтау куы нæ ныййардтаид мæ мад. Дæн сæрыстыр,' маргисæг, хя- уарзон. Уыйбæрц æлгъаг хъуыдытæ мæм мс, æмæ сæ мæ зонд бастади, мæ магъз сæ нал хаты, рæстæг мын нæй сæ баххæст кæнынæн. Цæмæн фæзынынц мæ хуы- зæн уаллæттæ арвæй зæххы ’хсæн? Не ’ппæтдæр сай- джытæ стæм. Макæуыл нæ æууæнд. Фæлтау ацу мо- ладзандонмæ. Дæ фыд кæм и? О ф е л и. Нæхимæ, милорд. Г а м л е т. Дуæрттæ йыл фидар сæхгæнын хъæуы, цæмæй гæ- ды æмæ мыстæй хъаза æрмæст йæхи хæдзаронтимæ* Хорз байрйай. О ф е л и. Сыгъдæг зæдтæ, баххуыс ын кæнут! Г а м л е т. Кæд мой кæнай, уæд дын чындздзоны лæварæн ратдзынæн ахæм æлгъыст: ихау æнæхæлд куы уай, митау— сыгъдæг, уæддæр хахуырæй нæ аирвæздзы- н&. Ацу моладзандонмæ, фæндараст. Науæд та, кæд дын æнæ мойгæнгæ нæй, уæд смой кæн сæрхъæнæй; уымæн æмæ зондджын адæм хорз зонынц, цы мамми- тæ аразут, уый. Моладзандонмæ — стæй тагъддæр. Хæрзбон. О ф е л и. О уæларвон тыхтæ, фервæзын æй кæнут! Гамлет. Базыдтон, нывтæ кæнынмæ дæсиы кæй дæ, уый дæр. Хуыцау дын радта иу цæсгом, ды та æндæр скод- тай дæхиуыл. Кафыс, кæйдæр цъыс-цъысмæ, хъыл- дымтæ кæныс æмæ цъыбар-цъыбур, сидыс сыгъдæг зæдтæм, æмæ дæ фæнды, цæмæй дын дæ хæлд митæ- нымайой рæдыдтыл. Нæ, рæдийыс. Æгъгъæд фод. Æз уыцы митæм сæрра дæн. Чындзæхсæв нал. Нырмæ чи бафидыдта — цæрæнт ус æмæ лæгæй. Сегас дæр^ 3!6
\ иуæй фæстæмæ. Иннæтæ уал багъæцæнт. Цæугæ мо~ \ ладзандонмæ. \ (Ацæуы.) Оф^л и. \ Цы диссаджы зонд бабын ис! Æмбырд \ Уыдысты уым æвзаг, лæгдзинад, ахуыр, \ Æгас бæстæн йæ ныфсы сæр, йæ цин, Шæ хæрзты фидыц, хорз æгъдæутты айдæн, |Æмæ — ныппырх, нызгъæлæнтæ. Фæци!.. Æз та? Æппæт сылгоймæгты мæгуырдæр,— Иæ сомытæй кæй риумæ тагъди мыд,— Урнын, куыд басаст уыцы зонд, куыд бамыр, Æ^бисыл фаст дзæнгæрæгау; æвзонг Рзесугъд цæсгом æнцъылдтытæ куыд кæны Йæ сæррайæ. Куыд мæгуыр у мæ бон! Мæ хур, цы фæдæ? О, цы ма кæпон? Къ а р о л æмæ П о ло ны раздæхынц. К ъ а р о л. Уый уарзт у? Нæ, æндæр цыдæр дзы ’хсиды. Йæ дзырдты кæд нæй бастдзинад, уæддæр Æрра нæу уый. Æндæр цыдæр æмбæхсы Йæ зонд, йæ уды талынг къуымты уый, Тæссаг цыдæр цæттæ кæны фæсаууон. Цæмæй бæллæхæй бахизон мæхи,— Кæнын уынаффæ рагацау: уый хъуамæ Æрвыст æрцæуа Англисмæ рæхджы Нæ хъалонтæ æмбырдгæиæгæй науыл. Кæд ьти фæндагыл денджыз, ног бæстæ, Стæй ног адæм фæсуриккой йæ зондæй Йæ сагъæстæ, æмæ йæ сæр æдзух Цы удхайраг хъуыдытыл сæтты, уыдон. Куыд дæм кæсы? П о л о и и. Æрхъуыды у, бæззы. Уадз, ленк кæна. Фæлæ уæддæр, фыццагау^ Зæгъыи дæуæн; йæ уарзтæн дзуапп кæй нæй, Уый аххос у. — Цæй,- куыд, мæ чызг Офели? Цы дзырдта Гамлет, ма нын рафæзм уый: Нæхæдæг хъуыстам. — Хорз, фæуæд дæ фæндон. Мæнмæ гæсгæ, куы фæуа а спектакль, "~" Уæд Гамлет хъуамæ фембæла йæ мадыл, Уадз, хибарæй йæ хъуыдытæ зæгъа. Кæд дæ фæнды—æз хъусдзыкæн æмбæхстæй? Кæд не схъæр кæна — арвит-иу æй уæд 317
йе —Англисмæ, йе — талынг ахæстонмæ. Куыд дæ бафæнда, афтæ. Къ а р о л. Цæй, хорз. Хорз! Тæссаг æррайæн ахæстон — йæ хос. Ацæуьшц. 2 СЦЕНÆ Зал галуаны. Бацæуынц Г амлет æмæ акт е рт æ. Г а м л е т. Уæ хорзæхæй, монолог дзурут, æз ^ын æй куыд бакастæн, афтæ: æнцонæй, æнæрхæцгæ. Кэед æй, уæ фылдæртау, аралло. кæиынмæ хъавут, уæд æй фæлтау ратдзынæи фæдисхъæргæнджытæм. Стæй уæ къухтæ æнæхъуаджы уæлдæфы ма тилут, архайут <сæ бæрцмæ гæсгæ. Суанг монцыты уад æмæ сахайы дæр зонут хи- уыл хæцын, уæд аивад уæздан æмæ фæлмæн вæййы. Мæ маст фæцæйтоны, къамбецы хуызæн актер йæ сæ- рыл къутуйыйас парик куы ныккæны, æнцад куы слæууы сценæйы, æгомыг пантомимæтæ куы февдисы, хъæрахстæй бæстæ куы байдзаг кæны, науæд чи ни- цы æмбары театры, цæмæй дзы уыдон раппæлой, уый * тыххæй, монцытæ пискъуььаæйттæ кæйын куы байда- йы, уæд. Ахæм актеры уисæй нæмын хъæуы, æнакка- джы ноджы æнаккагдæр кæй кæны, уый тыххæй. Адæймаджы хуызæн нал—уый цавæрдæр дæлимон свæййы. Уæ хорзæхæй, ма кæнут афтæ. 1 - а г а к т ер. Хорз, дæ уæздандзинад. Г а м л е т. Фæлæ æгæр хъаидзæлттæ дæр ма ут, алцæмæй- дæр хъусут мид-зæрдæйы хъæлæсмæ. Змæлут диа- логмæ гæсгæ, дзурут уе змæлдмæ гæсгæ, æцæгæй куыд вæййы æмæ уыл æууæндæн куыд уа, афтæ. Бæр- цæй ахизын — уый аивад халгæ кæны, театры хæс та кæддæриддæр уыдис: æрдзæн йæ разы айдæн да- рьщ, хæрзæгæн йе ’цæг цæсгом æвдисын, æбуалгъ ми- йæ дæр йе ’цæг цæсгом æвдисын, стæй историйы алы дугæн дæр — йæхи цæсгом æнахуырстæй. Уым куы ; фегæр кæнай, йе та йæ цухæй куы равдисай, уæд 1 æдылытæ худдзысты, фæлæ зондджынтæ банкъард 318
уыдзысты, — уыдон цæстæмгас та сымахæи’ хъуамæ кадджындæр уа æнæхъæн театрыдзаг æдылыты цæе- тæнгасæй. Æз федтон актертæ, уыдонæй бирæтæ дар- дыл хъуыст, — суаиг арвы кæрæттæм, æмæ, хъыг еын ма уæд, фæлæ сæ фæзылдæй æмæ сæ хъæлæстæй нæ- дæр чырыстоны хуызæн уыдысты, нæдæр муртаты,— а дунейыл æппындæр никæй хуызæн. Уыдон ахæм сан- иъехтæ, ахæм æрдиаг кодтой, æмæ дисæй мардтæн,. уыцы гуымиры цъапп-цъупп сæ цавæр æрдз акодта,— а^сæм æвирхъау зыгъуыммæгондæй æвдыстой адæйма- Аы хуыз. 1 - а г акпг ер. 4-1ыфс дæ уæд, принц, махмæ ахæм аиппытæй би- рæ уе ссардзынæ. Г а м л е т. ’ Дппарут сæ бьдетондæр. Айуаны та дзурын ма уа- дзутл пьесæйы йын цы ныхæстæ ис, уыдонæй уæлдайи Иуæи-иутæ та пьесæйы тæккæ бæриондæр бынаты ху- дын байдайынц, залæй кæсджытæн сæ талынгдæрты бахъæлдзæг кæпынæн. Уый стыр аипп у, æмæ æвдисы фыццаджыдæр, уыцы «хъæлдзæггæнджытæн» сæхи æдылыдзииад. Цæугæут, уæхи бацæттæ кæнут. А кт е р т æ ацæуынц. Бацæуынц П о ло ни, Розенкранц æмæ Гильденстерн. Цæй куыд, милорд, къаролы фæнды уыцы пьесæ фенын? П о л о н и. Стæй йе ’хсины дæр, стæй, амал уæвгæйæ, тагъд- дæр. Г а м л е т. Уæдæ зæгъ актертæн, батындзæнт. П ол о ни аь^æуы. Сымах дæр дыууæйæ нæ ацæуиккат сæ батагъд кæ- нынмæ? Розенкранц æмæ Гильденстери. Æвæстиатæй, милорд. Ацæуынц. Г а м л е т. Гораци! Бацæуы Г о р а ц и. 319
Тор а ци. Æз, хæларзæрдæ принц, хъусын. Гамлет. Цæрæнбонты цы адæм федтон æз, Ды уыдонæн сæ хуыздæр дæ, Гораци. Гор аци. Ныууадз-ма, принц! < Г а м л е т. \ Цæстмæхъус ныхас нæу. / Козбау дзурон, дæумæ, цæмæн? Хъæздыгæй Цы ис дæумæ дæ зæрдæйæ уæлдай? ) Мæгуыры ничи стауы. Уадз, цæстмæхъус// Иыхас кæной фæдысдæрджытæ; уадз, Ц Кæной козбаулæуд бонджынты ’фæскъæ^ер Сæ зонгуытыл — цагъары митæ сын ) Пайда хæссынц. Ды та-ма хъус. Мæ зйрдæ Куы сахуыр зонын адæмы, уæдæй / Дæу равзæрста. Ды бирæ зынтæ федтай, Фæлæ дæ зынтæ никуы скодтай хъæр.. Быхсыс æппæт, вæййыс æмхуызон бузныг Хъысмæты рард хæзнатæ ’мæ зынтæй. Хæрзамонд у, дæ удыхъæд кæмæн уа. Хъысмæт нæ хъазы ахæмæй, нæдæр Хъырны хъысмæтæи. Хи монцытæн уацар Цы лæг нæу, ссар мын ахæмы, æз æй Мæ уды дзуары бафснайдзынæн демæ — Мæ зæрдæйы. Фæлæ ма багъæц. А(1ах Къаролæн азæр ахъаздзыстæм пьеЫе. Æз дын дзырдтон мæ фыды марды цау,— Раст ахæм хабар уым æвдыст цæудзæни, Æмæ куьгхъазой уыцы эпизод,— Дъаролмæ кæс, дæ цæст нæ фæныкъулгæ. г Иыв фенгæйæ, йе — равдисдзæни уый Йæ фыдгæид исты хуызы, йе та не ’ндар Дæлимон уыд, æмæ мæ сæры магъз Æмтъеры у, вулканы сырх куырдадзау. Уæдæ-иу кæс æдзыпæгæй. Æз дæр Кæсдзынæн уымæ раст, æмæ цы фенæм, Уый сбардзыстæм фæстæдæр. Г о р а ц и. Хорз, лыг у. Æмæ кæд хуыснæг аирвæза махæй, У&д давæггагыл фидын æз ивар. 320
Га\*лет. Æрбацæуынц. Æррайы роль та хъазон. Цом, райдайæм. Данкйаг марш. Трубаты уасын. Бацæуынц къ а р о л, ’Г е р\ Р У дæ> П о лони, 0 ф е ли, Роз енкранщ Ги^льденстерн æмæ ыннæ лæггадгæнджытæ, хъахъхъæнджытæ цырæгътимæ. Къ а р о\ "^уыд у нæ тугæй, не стæгæй гуырд Гамлет? Гамле’ %Бауырнæд дæ, диссаджы хорз! Цæрын хамелеоны хæринагæй, нуазын уæлдæф, мæхи ’фсадын ныфсытæй. Æрдыст уасæгмæ дæр афтæ хорз нæ фæзылдæуы. Къ ар о л. • Д^æ дзуаппы бастдзинад нæй, Гамлет. Уый мæнмæ не ’ххæссы. Г а м л е т. ’ Мæнмæ та уæлдайдæр. (Полонийæн). Милорд, ды, университеты уæвгæйæ, сценæйы хъазыдтæ, афтæ нæу? П о л о н и. Хъазыдтæн, милорд, стæй нымад уыдтæн хорз ак- терыл. Г а м л ет. Æмæ хъазгæ та цы кодтай? П о л о н и. Æз хъазыдтæн Юлий Цезары. Мæн амардтой Ка- питолийы. Мæ марæг уыдис Брут. Г а м л ет. Ахæм капиталон галæн кæй аскъуыдта йæ уд, уый тыххæй бæззыд æмбалæн — Брут. Актертæ цæттæ сты? Розенкранц. О, милорд. Æнхъæлмæ кæсынц дæ дзырдмæ. Гертрудæ. Рацу, ардæм, мæ ахсджнаг Гамлет, сбад мæ фарс- мæ. Гамлет. Нæ, нæ мады хай,—ам тынгдæр æлвасаг магиит ис. П о л о н и (сабыргай къаролæн). О-гъо, фехъуыстай? Г а м л ет. Леди, дæ уæрджытыл мæхи æруадзон? 21" Шекспир 321
О ф е л и. Нæ, милорд. Гамлет. Нæ фæлæ, хатыр: мæ сæр дæ уæрджыт^л æруа- ^зæн нс? О ф е л и. Ис, милорд. Г а м л е т. Ды та фенхъæлдтай — исты æнæгъдау ^ъуыды? О ф е л и. Æз ницы фенхъæлдтон, милорд. п. Г а м л е т. // Афтæмæй та уый диссаджы хъуыдв^ у — чызджы къæхты цур хи æруадзын! ,/ О ф е л и. Цы загътай, цы, милорд? ( Г а м л е т. I Иицы. О ф е л и. Принц, ды азæр цыдæрхуызои хъæлдзæг дæ. Г а м л е т. Чи? Æз? О ф е л и. О, милорд. Г а м л е т. Ме ’скæнæг, дæу тыххæй æз цалхау дæр атулдзы- нæн! Цы бакæиа уæдæ лæг, хъæлдзæг уæвынæй дард- дæр, мæ уавæры! Каес-ма, цы райдзаст хуыз и мæ ма- дæи, афтæмæй дыууæ сахаты йедтæмæ нæма рацыди мæ фыды мардыл. О ф е л и. Нæ, принц, æнæхъæи дыууæ, дыууæ мæйы. Г а м л ет. Куыд! Афтæ бирæ? О, уæдæ уадз дæлимонты хай фæуæнт саутæ! Хъуамæ дароп урс-урсид типтычъи дарæс. Уæларвон тыхтæ! Дыууæ мæйы размæ амард æмæ нырма нæ ферох и! Уæдæ мæн ныфс и, стыр кад- джып лæг куы амæла, уæд йæ ном кæй цæрдзæн æнæ- хъæн афæдзы ’рдæг. Æрмæст хъуамæ рагацау рауæл- дай кæна æхца аргъуантæ аразынæн, науæд ын йæ ном ничи æрымысдзæн, хъæдын бæхæй уæлдай. Уы- мæн йæ ингæныл ахæм фыст ис: «Кæм ныгæд ис йæ сæр, йæ къах, Уый раджы ферох кодтам мах». 322
Цæгъды музыкæ. Райбайы пантомимæ. Рацæуынц пантомимæйы хъазæг пад д за х æмæ у с-п а ддз а х* Уыдон рæвдауынц кæрæдзи. Ус-паддзах хъæбыс кæны паддзахы, паддзах та — уый. Ус-паддзах æрлæууы йæ зонгуытыл æмæ æвдисы, йæ лæгыл æнувыд кæй у, уый. Паддзах æй сыстын кæны æмæ йын йе ’уæхскыл æруа- дзы йæ сæр, стæй æрхуыссы дыдинæгдоны нæууыл. Ба- фынæй ис, уый куы фены ус-паддзах, уæд ацæуы. Ба- щæуы маргдарæг, сисы йын йæ паддзахы худ, апъа ш>м кæны, паддзахы хъусы ауадзы марг æмæ ацæуы. Баздæхы ус-паддзах, уыны къаролы мардæй, æмæ йæ къухты змæлдæй æвдисы йæ уды сагъæс. Баздæхы ’маргдарæг мардхæсджытимæ, ус-падзахæн тæфæрфæс ракæны. Марды ахæссынц. Маргдарæг лæвæрттæй æртасын кæны æмæ йæхимæ аздахы ус-паддзахы. Исдуг ыл тызмæгæй йæхи атигъ кæны, нæ дæ уарзын, зæгъгæ, фæлæ фæстагмæ æр- фæлмæн вæййы. Ацæуынц. О ф е л и. Уый ды æвдисы, принц? Г а м л е т. Уый «Залиаг калм» у, æвдисгæ та кæны талынг хъуыддаг. О ф е л и. Æвæццæгæн, пантомимæ æвдисы, цы пьесæ фен- дзыстæм, уый мидис? Г а м л е т. Ныртæккæ йæ фехъусдзыстæм ацы цæрæццагæй. Актертæм сусæгдзинад нæй: алцыдæр сæм æргом у. О ф е л и. Цы равдыстой, уый хъуыды нын бамбарын кæи- дзысты? Г а м л е т. Канд уый нæ — цыдæриддæр ам равдисай, — зæгъдзæни дыи, цы у, уый. О ф е л и. Ох, мæстыгæр, мæстыгæр! Æз кæсдзынæн пьесæ- мæ. * Пролог. Сымахæн хъазын мах хæс у. Лæмбынæгæй нæм бакæсут. Уæ зæрдæмæ йæ бахæссут. (Ацæуы.) 323
Гамлет. , Циу уый, пролог, æви къухдарæныл фыст? Офел’и. Æдæг зæгъыс, милорд, æгæр цыбыр у. Г а м л е т. Раст, сылгоймаджы уарзондзинадау. Бацæуынц д ыу у æ акт е р ы — паддзах æмæ: ус-паддзахы æвдисджытæ. ’Паддзах. Æртын хатты цыппор ифтыгъд бæхыл Феб зылд фæци нæ дунеиы зæххыл, < Æртып дыууадæс хатты мæй æидзаст Æртын дыууадæс зылдæи зæхмæ ’ркаст, Уæдæй нырмæ мах уарзонад бæтты,— Йæ къух æмæ йæ зæрдæ нæм дæтты. Ус-паддзах. Æмæ ма уыйбæрц рухс хур æмæ мæй Зылдаиккой иæ уарзыны фæрнæй, Фæлæ мæ сагъæс абузы тыхджын: Фæстаг рæстæджы ды кæныс рынчын. Æрмæст, мæ хур, æз дын зæгъын ныхас: Æрдуйы бæрц дæр нæу дæ удæн тас Сылгоймаг уарза, йе — тæрса, уæддæр Йæ тарст æмæ йæ уарзт вæййыиц æгæр. Мæ уарзынæн ды базыдтай йæ зынг: Æз уарзын тынг, кæныи тæрсгæ дæр тынг. Кзем рæза уарзт, вæййы уым бирæ тарст, Кæм рæза тарст, вæййы уым бирæ уарзт. П а д д з а х. Мæ хур, хæстæг у хицæигæнæн бон. Мæ хъаруйæн æрхæццæ ис кæрон. Ды та-иу, уарзгæ, абонæй хуыздæр Хæрз хъæлдзæг æмæ амопдджынæй цæр! Æндæр моймæ куы цæуай... Ус-паддзах. Ма мын дзур! Æндæр мой нал кæндзæни, нал дæ хур. Куы ма фæцæуон æз, уæд мыл,фæку! Уæд дыккаг фыццагæн йæ марæг у! Г а м л е т (фæрсмæ). Ахъаззаг цæф! Ус-паддзах. Куы фæцæуа лæгмæ дыккаг хатт ус, 324
Уæд уарзтмæ нал — бынтæм фæдары хъус. Æндæр мой æз куы ’рбауадзон хæстæг — \ Мæрдты дыккаг хатт амæлдзæн мæ лæг. Паддзах. I Æууæндын æз дæ ныхæстыл бæлвырд, V Фæлæ ус арæх аивы йæ дзырд. \ Ныхас зæгъын æнцон вæййы фыццаг,— йæ сæххæстæн нæм тых нæ вæййы фаг. \Дыргъ фидар у, куы нæма уа рæгъæд, Куы срæгъæд уа, æрхауы зæхмæ уæд. Куы ныллæууæм нæхи пайдайыл мах, Нæ сомы дæр уæд айрох вæййы тагъд. Нæ мондагыл цьт рахæссæм тæрхон, Фæсмондаг нæ уый рох кæны бынтон. Æнкъард æмæ цин раттынц дзырд, æрмæст Сæ дзырд нæ кæныпц никæдбон æххæст. Æнкъарддзинад у цины стыр ызнаг, Нæй цинæн та æнкъардимæ хъуыддаг, Кæд дунейыл рæстæгмæ у æппæт, Куыд нæ аивдзæн уарзондзинад уæд? Бæрæг нæу: амонд уарзынæй цæуы, Æви нæм амонд уарзыиыл лæууы. Хъæздыг уай — ад’æм иал цæуынц дæуæй, Мæгуыр — уæд та дæм иу цæуæг дæр нæй. Уæдæ кæнын мæ хъуыдыйæн кæрон: Лæгæн фæндонæй нæу цæрыи йæ бон. Нырма дæ фæндон ахæм у дæуæн, Фæлæ æрдзæн йæ ныхмæ нæй лæууæн: Нырма нæ уадзыс ног лæгæн йæ кой, Фæлæ мæ фæстæ тагъд кæндзынæ мой. Ус-паддзах. Ныттар мыл уæд æгас дуне бынтон! Мæ цæстытæй уæд мауал фенон бон! Уæд беридоны арвитон мæ цард! Фыдохы бонау уæд мæ уд æнкъард! Фыдбоны зæйтæ рацæуæнт мæныл Æмæ мын ма уæд удæнцой зæххыл! Уæрагсаст-иу мæ бакæнæд хъысмæт, Дыккаг моймæ куы фæцæйцæуон уæд! Г а м л е т. Ныр йæ сомы куы фæсаид! П а д д з а х. Карз сомы у. Æууæндын æз дæуыл. Ныр мæ ныууадз, æз бастадтæн. Чысыл 325
Ам баулæфон. (Бафынæй вæййы.) Ус-паддзах. Баулæф дзæбæх Æмæ ныл царды ма ’рцæуæд бæллæх. Ацæуы. Г а м л е т. Æхсин, куыд дæ зæрдæмæ цæуы пьесæ? Гертрудæ. Мердыгонау, леди æгæр ныфсытæ æвæры. Г а м л е т. 0, фæлæ уый йæ сомы нæ басæтдзæн. Къ а р о л. Йæ мидис ын зоныс? Рафауинагæй дзы ницы ис? Г а м л е т. Нæ, нæ. Уыдон хъазгæ ка^нынц. Марг дзы хъазгæ- йæ уадзынц. Мисхалы бæрц дæр дзы ницы ис рафа- уинагæй. Къ а р о л. Цы хуины пьесæ? Г а м л е т. «Мыстахсæн». Фæлæ — цыхуызы? Фæсномыгæй. Пьесæ æвдисы, Венæйы чи æрцыд, ахæм лæгмард. Гер- цоджы ном — Гонзаго. Йæ ус та—Баптиста. Ныртæк- кæ сæ фендзынæ. Уый сау миты тæккæ саудæр ми уыди. Фæлæ йæм мах цы бар дарæм? Дæ уæздандзи- над, æм’æ махмæ не ’ххæссы, нæ цæсгæмттæ сыгъдæг сты. Уадз, чъыллип кæна зæронд бæх, кæд йæ фæстаг къæхтæ цъæррæмыгъдтæ сты, уæд. Махæн не стджы- тæ æнæхъæнтæ сты. Уый Луциан у, къаролы æфсьь мæры фырт. Бацæуы Лу цыан. О ф е л и. Ды зараг хоры бæсты дæр амоныс, милорд? Хорз арæхсыс. Г а м л е т. Стæй ма минæварæй дæр сарæхсин дæуæй дæ хæз- гулы ’хсæн. О ф е л и. Уый цыргъ ныхас нæ — къуымых у. 326
Г а^м лге т. л Дæу бирæ нæтын бахъæуид, цалынмæ мæ цыргъ æркъуымых уа, уалынмæ. О ф е л и (фæрсмæ). Уый та ноджы къуымыхдæр. Г а м л е т. Райдай, лæгмарæг! Тагъддæр, сау рыны амæттаг!' Иыууадз де ’нæхуыцауы мукъутæй хъазын æмæ рай- дай! Цæй! «Уый, уасгæ, сиды маст исыпмæ халон». Л у ц и а н. Къух — фидар, зæрдæ — сау, мæ марг — сыгъдæг. Мæ фадат — тыиг хорз, ничи ис уынæг. Кæлгæ, кæлгæ! Иæ туг, йæ зонд æваст Гекатæйы æлгъыстæй ’рцæуой саст! Тындзут, æртæхтæ, дадзинты тындзут Æмæ йын тагъддæр аскъуынут йæ уд! (Фынæй паддзахы хъусы уадзы марг.) Г а м л е т. Маргæй йæ мары дыргъдоны, цæмæй йын æрцахса йæ бынат: герцогы ном у Гонзаго, йæ истори дисса- джы хорз фыст у итайлагау. Ныртæккæ сымах фен- дзыстут, марæг Гонзагойы усæн йæхи куыд бауар- зын кодта... О ф е л и. Къарол сыстади! Г а м л е т. Куыд? Мæнг æхстæй фæтарсти? ’ Гертрудæ. Цы кодта йæ уæздандзинад? Г! о л о н и. Бауромут пьесæ! Къарол. Рухс! Рухс! Ацæуынц иууылдæр Гамлет æмæ Горацийæ фæстæмæ. Г а м л е т. Цы саг фæцæф ис, уый дзыиазы, Цæф чи нæу, уый та лидзы дард. Чи кусы, чи — йæ фæллад уадзы, Хъысмæтæй афтæ конд у цард Ау, сэр, ау, ахæм бирæсисджын худимæ,—хъыс- мæт мын, туркагау, æндæр куы ницы бахай кодтаид, 327
фæлæ ма мæ басмахъты фæйнæ, уардийы тъыс? куы уаид, уæд не сбягззин актерты/къордмæ айсын&н, и? Гораци. ’, Æрдæгмыздыл. Г а м л е т. Нæ, æнæхъæныл. Дамон, мæ хорз хæлар, ды хатыс, Юпитер-паддзах уыд бæрæг... Ныр уый бæрзонд цытджын бынаты - Æрбадт хуымæтæджы... нæл сæгъ. Г о р а ц и. Дæ бон уыди зæгъын рифмæйæ. Г а м л е т. О, Гораци! Æндары алы ныхасыл дæр бафидин мии сызгъæрины! Федтай?.. Г о р а ц и. Куыд нæ ма, принц! Г а м л е т. Марг ын йæ хъусы кæм уагъта,уыцы сценæ хъаз- гæйæ? . Г.о р а ци. Æз дзы мæ цæст не систон. Г а м л е т. Ах, ах! Цæй-ма, цæй-ма, музыкæ! Цæй-ма, флей- тисттæ! Къаролæн кæд нæ барухс и йæ зæрдæ, Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд уæд цыдæртæ. Цæй-ма, цæй-ма, музыкæ! Баздæхынц Розенкранц, Гильденстерн. Г ильд ен ст е рн. Нæ хæрзуд принц, дыууæ иыхасмæ нæм нæ бай- хъусис? Г а м л ет. Æнæхъæн историмæ дæр, сэр. Гильденстерн. Къарол, сзр... Г а м л е т. О,сэр, цы кодта? Г и л ь д ен ст е р н. Ацыдис йæхимæ æмæ тынг тыхст у. Г а м л е т. Сæн нуæзтæй, сэр? 328
Гильденстерн. Нæ, сэр, уый тыхст у йæ мастæй. Г а м л е т. Ды бирæ цыргъзонддæр разындаис, уыцы хабар ын йæ дохтырмæ куы бахастаис, уæд. Æз ын мæхирды- гонау тæнæггæнæн хос рафыссин, фæлæ йæ маст но~ джыдæр куы ныддымса. Гил ь д е н сте р н. Хæрзæгъдау принц, дæ ныхас æгъдауыл сабыр ауадз æмæ дзуапп ратт, мæнæн цы бахæс кодтой, уымæн. Г а м л е т. Дæ хорзæхæй, æз сабыр дæн. Рахабар кæн. Гильденстерн. Ус-паддзах, дæ мад, иттæг зæрдæтыхстæй мæн рар- выста дæумæ. Г а м л е т. Табуафси, мæнæ дæн. Гильденстерн. Нæ, хæрзæгъдау принц, ам уыцы фырнымд щитæ ницæмæн хъæуынц. Кæд мын нывыл дзуапп дæттыс, уæд сæххæст кæндзынæн дæ мады фæдзæхст. Кæд. нæ, уæд мын бахатыр кæн æмæ ацæуон. Г а м л е т. Мæ бон нæу, сэр. Гильденстерн. Цы нæу дæ бон, сэр? Г а м л е т. Дæуæн нывыл дзуапп раттын. Мæ сæрымагъз йæ* чеппыл нæу. Фæлæ дын цыфæнды дзуапп раттон — сараз-иу æй дæхи пайдайæн... нæ, фæлæ — мæ мады пайдайæн. Æниу, сыбыртт дæр нал. Рахизæм хъуыд- дагмæ. Мæ мад, зæгъыс... Р о з е н к р а н ц. Уæдæ байхъус, — уый афтæ зæгъы: дæ . мигæй, дам, æрвдзæфау фæдæн æмæ джихæй баззадтæн. Г а м л е т. О, йæ мады чи ныджджих кодта, уыцы диссаджы хъæбул! Æмæ ахæм æрвдзæф цымæ цæмæй фæуы- даид? Раргом мын æй кæнут. Розенкранц. Ууыл æй фæнды йæ уаты демæ аныхас кæнын, дæ бафынæйы агъоммæ. Г а м л е т. Бацархайдзыстæм, кæд нын дæс хатты мад у, 32$
уæддæр. Истæмæн ма уæ хъæуын? Розенкранц. Принц, кæддæр мæ уарзтай. Г а м л е т (æвдысы йæ тымбыл къух). Раст дæ ныр куыд уарзын, афтæ, ард хæрын ацы абырæджы къухæй. Р о з е н к р а н ц. Хæрзæгъдау принц, цæй аххосæй фæзынди дæ ипз? Дæ хæларæй дæ маст æмбæхсгæйæ, барæй æх- гæныс фæндаг де сьшæнизмæ. Гамл ет. Мæн хъæуы бæрзонддæр бынат. Р о з е н к р а н ц. Æмæ ма дæ цы фæнды, къарол дæ йæхæдæг куы снысаи кодта Данийы паддзахы фæдоиæй? Га м л ет. Раст дæ, сэр, фæлæ «цалынмæ кæрдæг рæза дзæ- бæх, уалыпмæ стонгæй куы амæла бæх»... Рагон æм- бисонд у. Баздæхынц музыкантт æ-ф ле йти стт æ. А, флейтæджынтæ! Æриут-ма дзы иу, бавзарон. Фæйнæрдæм алæуут! Цы мыл æрхъула стут, æви мæ къæппæгмæ сурут? Гильденстерн. О, принц, кæд дæм æгæр хæстæг лæууьш, уæд уы- мæн, æмæ дæ бирæ уарзын. Г а м л е т Хорз дæ нæ бамбæрстон. Цæй, ницы кæны. Мæнæ дын флейтæ. Ацæгъд, ахъаз нын дзы исты. Гильденстерн. Принц, нæ зонын. Гамлет. Дæ хорзæхæй. Г и л ь д е н с т е р н. Ард дыи хæрын, иæ зонын. Гамлет. О, фæлæ дæ курын. Розенкранц. О, фæлæ нæ зонын, куыд ыл хæцынц, уый дæр. Га м л е т. Уый мæнг дзурынæй бирæ æнцондæр у: йæ хуын- чъытыл ын радгай раив-баив кæн де ’нгуылдзтæ, ныф-
фу дзы кæн æмæ азæлдзысты йæ фæлмæн мыртæ. Кæсыс, мæнæ йæ амонæнтæ. Гильденстерн. Омæ нæ зонын — куыд хъазгæ дзы у. Ницы мын дзы цæуы. Ахуыр нæ кодтон. Г а м л е т. Уынут, цавæр иицæйаг дзаумайыл нымайут мæн! Сымах мæнæй хъазын фæнды. Сымах афтæ æнхъæ- лут, зонут мын мæ амонæнтæ. Сымах ныфс и, мæ сусæгдзинады хъæлæс фехъусынæй. Сымахмæ афтæ кæсы, цыма мын зонут ме ’гас мыртæ суанг бинагæй уæллагмæ. Афтæмæй ацы хуымæтæджы дзаума хъа- зынæи барæй арæзт у, фæлæ уæддæр уæ бон нæу йе сдзурын кæнын. Ау, æмæ куыд æнхъæлут, мæныл æн~ цондæр хъазæн у дутт-дутгæнæнæй? Цыфæнды ин- струмент мæ рахонут, уæ бон у мæн асæттын дæр, фæ- лæ мæ хъазæн нæй. Баздæхы П о ло н и. Хуыцау дын ахъаз ракæнæд, сзр! П о л о н и. Милорд, æхсины фæнды демæ аныхас кæнын, стæй æвæстиатæй. Г а м л е т. Уыныс уалæ уыцы мигъ — теуайы хуызæн? Г1 о л о н и. Зæдтыстæн,. уынын, æцæг у уый хуызæн—сыгъдæ- гæй тёуа. Г а м л е т. Мердыгонау, мыстулæджы хуызæн у. П о л о н и. Раст зæгъыс, мыстулæджы рагъ ын ис. Г а м л е т. Нæ фæлæ — стыр кæфы рагъ. П о л о н и. Цæрмæстыгъд бакодта стыр кæфы. Г а м л е т. Уæдæ фæцæуын ныртæккæ мæ мадмæ. (Фæрсмæ). Цыма ныхас бакодтой ме сæрра кæныныл! — А сахатыл фæцæуын. П о л о н и. Афтæ йын зæгъдзынæн: а сахат. 33 Г
Г а м л е т. Зæгъын æнцон у «а сахат». — Ныууадзут мæ, хæ- лæрттæ. Ацæуынц иууылдæр, Гамлетæй фæстæмæ. Ныр, тар æхсæв, кæлæнты афон у. Ныр мæрдтæ стынц* зындон улæфы низтæ. Ныр баназин æз хъарм туг, æмæ бон Кæмæй фæтæрсин, ахæм хъæддаг митæ Кæнии бæргæ. Фæлæ мæм сиды мад. Сырд ма у, зæрдæ! Уым цыфæнды ’рцæуа, Нероиы ми мын ма бауадз кæнын. Зæгъдзынæн ып æгъатырæй рæстдзинад, Раст, хъамайау, зæрдæфадæг дзырдтæй. Фæлæ уый мад у, мад у! Æмæ къухтæн Мæстыйæ дæр æз бар раттынæй цух дæн. Ацæуы. 3 СЦЕНÆ Уат галуаны. Бацæуынц къ ар о л, Розенкранц æмæ Гилъденстерн. Къарол. 0æ фенд мын марг у, стæй æррайæи нæй Уæгъдибар уадзæн. Арæвдз кæнут тагъддæр. Ныффысдзынæн ныртæккæ бардзырд æз. Æрвитын принцы Англисмæ уæ бæрны. Мæ раны нæй æррайæн бар дæттæн: Фæсаууонæй мæм исты тас æнхъæлмæ Кæсдзæн æдзух Гильденстерн. Цæттæ стæм балцмæ мах. Сыгъдæг æмæ иттæг раст у дæ батыхст Æгас бæстыл, — дæ уæздандзинад у Кæддæриддæр æнцойдæттæг нæ удтæн. Розенкранц. Кæмæндæриддæр кадджын хæс вæййы Иæ уд хизьш æнæнхъæлы бæллæхтæй. Уæлдай хуыздæр та хъахъхъæнын хъæуы, Нæ паддзахады цард кæмæй у, уый сæр! Къарол фæмард — уый иу лæджы сæфт нæу, Йæ цуры чи уа — сегас дæр дзы сæфынц; Уый цалх у, айнæг хохы тигъыл, баст 332
Кæмæ сты хъæды алгъуызон бæлæстæ Фæйнæрдыгæй. О, уыцы цалх, миййаг, Куы рахауа, уæд бауыдзæн гæбазгай Æгасæй хъæд. Фыдæлтæ загътой раст: Къаролы маст — æгас дзыллæйы маст. Къарол. Уæ хорзæхæй, фæтагъд кæиут уæ балц. Æгъгъæд! —дзæгъæлдзу тасдзинадæн сахсæи Кæнын хъæуы йæ къæхтыл. Р о з е н к р а н ц æмæ Гильденстерн. Мах тындзæм. Ацæуыиц. Вацæуы П о ло ни. П о л о н и’. Фæцæуы принц, мæ хорз паддзах, йæ мадмæ. Цон, фæсгауыз æмбæхстæй хъусои æз. Йæ мад æй тынг æфхæрдзæн, уый бæлвырд у, Фæлæ ды раст дæ: мад — уый мад у, ’рмæст, Йæ иыхас арф нæ фæхъары. Æндæр ма Сæ цуры хъуамæ уа æмæ сæм уый Куыд бапхъуса. Хæрзæхсæв у, мæ паддзах. Мæ хъуыддагæй куы раздæхон, уæд дæм Фæзындзыпæп. Къарол. Фæндараст æмæ бузкыг. П о л о ни ацæуы. Мæ сау фыдгæнд, хуыдуг кæиын дæуæй. Фыдæлтыккоп æлгъысты ном мыл бафтыд: Æфсымæрмарæг! Кувыимæ бæллын, Тырнын æдзух, фæлæ мæ боп нæу кувып — Æгæр егъау фыдгæнд ныббарæн нæй. Дыууæ хæсы цы лæджы раз уа, уыйау, Нæ зоиыи æз, цы бакæнон, æмæ Лæууын æицад. Ау, ме ’фсымæры тугæй Куы уаин ныр бынтон ахуырст, уæддæр Нæ ныхсид арв йæ къæвдатæй мæ къухтæ? Æмæ ма уæд цы ми кæны хуыцау? Æви тæригъæд пал бары? Хуыцаумæ Фæкувæм мах, цæмæй хатыр кæна Æмæ пæ хауын ма уадза. Мæнæй уый, Нæма дæ сæфт. Дæ сæр бæрзонддæр дар! Æрхаудтай ды, цæмæй фæстæмæ сыстай. Куыд бакувон? «Мæ лæгмард мын ныббар»? 333
Нæ, уый нæу раст: цы байстон, уый нæ радтон. Цæй тыххæй мардтон — сегас дæр — мæнмæ: Къаролы худ; йæ бæстæ æмæ йе ’хсин. Куыд мын ныббардзæн афтæмæй хуыцау? Зæххыл фыдгæнæг армыдзаг куы ратты Сызгъæринтæ, уæд ын йæ фыдгæнд — барст: Тæрхонгæнджытæй балхæны закъонæй Йæхи. Фæлæ мæрдты нæу афтæ: уым Мæигдзинад нæй, æрмæст дзы ис рæстдзинад, Æвæрд дзы сты нæ зæххон митæ уым Æмæ сыл хъуамæ комкоммæ дзуапп раттæм. Уæд афтæмæй цы кæнгæ у мæнæн? Æргом фæсмон? Æргом фæсмон уæззау у. Уæдæ куыд, куыд? Ау, раргом сæ кæнон?.. О, хъизæмар! Мæ зæрдæ ссау, мæлæтау! Цъымарайы, гæндзæхтæ цæгъдæгау, Фæныхсын арфдæр! Баххуыс кæнут, зæдтæ! Æртасут, зæнгтæ! Зæрдæйы æндон, Æрфæлмæн у, сывæллопы æргъиуау! Нырма ис хостæ. (Рæбынæй æрлæууы йæ зонгуытыл.) Бацæуы Гам л е т. Г а м л е т. Кувы. Фадат — хорз. Мæ кардæй цъыкк — æмæ фæхаудзæн арвмæ, Уæд ист у маст. Ау, афтæ уа? Нæ, нæу. Мæ фыд мæрдтæм лæгмары къухтæй бацыд, Æз та æрвитын уыцы марæджы Дзæиæтмæ. Нæ, уый мастисын нæ уыдзæн, Уый хорзæх у. Мæ фыд фæмард дымстæй йæ тæригъæдтæй, майы мæйау, дзаг уыд, Æмæ цы баци — иу хуыцау — дæсны, Æвæццæгæи, чысыл нæ кæндзæн тухи. А цъаммар та куывта, сыгъдæг у ныр Тæригъæдтæй, цæттæ у дард фæндагмæ,— Ау, æмæ уый уæд тугист уыдзæн? Нæ! Фæстæмæ, кард, — тæссагдæр бонмæ багъæц! Мæсты куы уа, йе нозтджынæй — тызмæг, Куы уа фынæй æнæсыгъдæг хъæбысы, Куы хъаза къамæй, йе — куы ’лгъита карз, йе — ног фыдвæнд куы скæна, уæд — иырриуыгъ, Æмæ ныххауа зындонмæ æваст Къæхтæхъилæй, йæ чъизи миты ’нхъизгæ! 334
Мæ мад мæм сиды. — Цæй, нырма уал цæр Æмгъуыдмæ, стæй мын додойаг дæ сæр! (Ацæуы.) Къарол (сысты). Мæ дзырдтæ стæхынц, ме ’нкъарæн нæ кусы. Æнæнкъарæн дзырдтæм та (амоны хæрдмæ Уый вæ хъусы. Ацæуы. 4 С Ц Е Н Æ Гертрудæйы уат. Бацæуынц Гертрудæ æмæ П о лони. П о л о н и. Тагъд ам уыдзæн; тызмæгдæрæй йæм ракæс. Æдзæллаг митæ ма кæнæд. Зæгъ ын, Дæхæдæг æй кæй бахызтай къаролы Æфхæрдæй, уый. Æз бамбæхсдзынæн ам. Дæ хорзæхæй, тызмæгдæр. Г а м л е т (æдде). Мад! Миледп! Гертрудæ. Цы хъæуы — зонын. Уый та уадз мæ бар. Æнхъæлдæн, цыма ’рбацæуы. Цу, бамбæхс. Полони фæсгауыз æмбæхсы. Бацæуы Гамл ет. Г а м л е т. Нæ мады хай, цы хъуыддагæн хъæуын? Г е р т р у д æ. Лæппу, дæ фыды бафхæрдтай, — цæй тыххæй? Гамлет, Мæ мад, мæ фыды бафхæрдтай, — цæмæн? Гертрудæ. Ды мемæ дзурыс, ницыфенæг сонтау! Г а м л е т. Ды мæ фæрсыс, дыдзæсгомау! Гертрудæ. Ныр мæм Куыд уæнды<с æфтæ дзурын? Г а м л е т. Ныр цы домыс?
Гертрудæ. Нæ зоныс — чи дæн? Г а м л е т. Зонын: ус-паддзах, йæ лæджы ’фсымæр чи равзæрста мойæн, ,Мæнæн та чи у, ме ’намондæн, мад. Гертрудæ. Уæдæ, уадз, демæ адзурой æндæртæ. Г а м л е т. Æнцад! Æрбад! Тæлфыны бар дын нæй. Æз дын ныртæккæ равдисдзынæн айдæн, Æмæ дæ цæсгом хъуамæ фенай уым. Гертрудæ. Цы бафæнд кодтай? — Мардзæни мæ кардæй! Лæуу дард! — Æххуысмæ! П о л о н и (фæсгауызæй). Хъахъхъæнджытæ! Эй! Г а м л е т. Уый циу? Уыры? (Барæхойы гауыз) Хæснаг кæнын — æрхауди. П о л о н и (фæсгауызæй). Фæмард дæн! Гертрудæ. Уый цы бакодтай? Г а м л е т. Ау, ам Къарол лæууыд? Гертрудæ. О, дургёйрдæ! ;Фыдракæнд! Г а м ц е т. ,,!* Къарол амарын — къаддæр фыдгæнд нæу, Лæджы ’фсымæрæй мой кæнын дæр — афтæ. Г е р т р у д æ. Къарол амарын? Г а м л е т. ; ’ ’ О, миледи, о! (Гауыз рафæлдахы, уыны Полонийы.) Хæрзбон, сæнтдзæф, фæдылдзæуаг айуан! Фæивддзаг дæ, æз хъавыдтæн уæлдæрмæ. Ды бавзæрстай — цагъар уæвын нæу хорз.- Ды та æрбад, æмæ дæ къухтæ ма сæтт. 336
Æз дын дæ зæрдæ асæттон, кæд ма Сæтгæ кæны æмæ нæ ныддур иууыл, Æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ нырма ■ ( Нæ раивтай æфсæйнæгтæй дæ риуы. Г е р т р у д æ. Ау, де ’пæхсæст, гуымиры хъæрты бæрц Цы бакодгон æз уапæры? Г а м л е т. Дæ митæй Æмбæхсынц арф æфсарм æмæ цæсгом, Сыгъдæгдзинад сырх.рафады, рæстдзинад Фæлитой свæййы, ус æмæ лæгæн Æууæнк фæлидзы се ’хсæнæй; дæ митæй Фæци мæлæтдзаг аргъуаны уæздаи Æрдба^æрын, хуыцæутты цæсгом судзы, Арв а зæхмæ хъуынтъызхуызæй кæсы, Цыма ныл раст хъаймæты бон æркодта. Гъеуый — дæ ми! Гертрудæ. - ’ у-1 ’ - ■ - '-’’ Бæстондæр зонæн иæй, Дæ егъау раздзырд цавæр мийæ равзæрд? Г а м л е т. Ам ис дыууæ нывгонды: ай, стæй ай. Дыууæ! нЫвыл — æфсымæрты портреттæ. Кæс-ма, сæ иу куыд зæдгъуыз у: ныхæй — Сыгъдæг Зевес, сæрыхъуын — Аполлонау, Иæ фæкаст — Марсау, хъал æмæ тæссаг, Сæрыстырæй — Меркури, цыма зæхмæ Бæрзонд æврæгътæй мииæвар æртахт. Йæ миниуджытæ сегас дæр æвдисынц, Цыма хуыцæуттæй алчидæр йæ-уд Лæвар бакодга ацы лæгæй. Уый дын Дæ фыццаг мой. Дæ дыккаг мой та — ай/ Æмпылдтæй баруад, низæфхæрд æфсирау, Сыгъдæджы марæг. Ау, куырм аæ, миййаг? Куыд æрхаудтæ хъæздыг хæххон сæрвæтæй Цъымарамæ — цæстытæ ма цы сты? • Æви уый уарзондзинад у? — Дæ кары Зæрдæйæ нал — сабрæй фæцæры уд. Уæд цавæр)ы сæр баивтаид адон Сæ кæ’рæдзййæ^ Мард, миййаг, нæ дæ,— Уæд йал цæуис дæ къæхтыл дæр. Нæ, ис дæм Æнкъарæнтæ, фæлæ кæнынц фынæй, Æндæр нæ уыдис ахæм ран рæдийæн. 22 Шекспир
Нæ, ахæмты ыæ фæивддзаг кæнид Бынтоц æрра дæр. Уæд цъындæджьл хъазты Цы сау дæлимон афæлывта дæу? Æрдзæй куырм дæр, æрмæст уырзæй æвзарæд, Æнæкъух дæр, æрмæст чысыл уынæд, Æмæ йæ фыидзæй тæф æмбудæд — никæд Æруагътаиккой уыйхуызæн рæдыд! Цы фæдæ, ’фсарм — æррагæнæг сайтаи! Кæд йе ’нкъарæнтæи хидау нæу идæдз ус, Уæд ма куыд домæм чызджытæй цæсгом? Цы хæлд æмæ тæссаг æгъдау æвдисыс Чындздзон чызджытæн! Г е р т р у д æ. Банцай, Гамлет! О! Мæ цæстытæ мын базылдтай мæ удмæ Æмæ дзы иу сыгъдæг бынат дæр нæй, Ныхсæн ын нал ис... Гамлет. Сойæдзаг сынтæджы Бæгъдулæг кæн, хъыс-хъысгæнгæ; ысмуд Æлгъкæнинаг æмбыд уæлдæфмæ; стурау, Дæ мондаг уадз... Гертрудæ. Æгъгъæд у, банцай, Гамлет! Дæ ныхæстæ, æхсаргæрдтау, ныхсьшц , Мæ зæрдæйы. Г а м л е т. Лæгмарæджы хъæбысы, Дæхи лæгæн йæ минæм хайы аргъ Нæу, афтæмæй. Дзыкъынайы къарол! Дзыпкъахæг паддзах. Тæрхæгыл уыдта Сызгъæрин худ, йæ дзыппы йæ фæсагъта Æмæ йæ рамырхта! Г е р т р у д æ. Хатыр мын, Гамлет! , Г а м л е т. Къæцæл æмæ хæцъилтæй коыд къарол!.. Бацæуы æндар. Уæларвон зæдтæ, хъахъхъæнæг мын ут! Зæгъ-ма, цы домыс, паддзæхты хæрзконддæр? Гертрудæ. О сагъæс, сæрра!
Гамлет. Кæд, миййаг, дæ фырт Йæ зивæгæй кæй нæма баххæст кодта Дæ тæссаг бардзырд, уый фæдыл æм ды Ныр уайдзæфмæ .фæзындтæ, — зæгъ, цы хъæуы? Æ нда р. Мæ хæс у иу: дæу бацырен кæнын, Цæмæй та маст дæ риуы артау судза. Фæлæ ма кæс, цыдæр кæны дæ мад. Йæ зæрдæ йын æгæр уæззау ныицлвтай. ЛæмæгъуД’ЧИ уа, тынгдæр тыхсы уый. Фæкæс æм, марадз, тагъд. Г а м л е т. Цы кæныс, леди? Гертрудæ. Цы кæныс ды? Уым, афтидмæ, кæсыс, Æнæбуар уæлдæфмæ цыдæртæ дзур’ыс, Дæ цæстытæ æнахуыр сыгъд кæнынц, Æхсæв фæдисы рабадæг салдæттæ Куыд алæууынц, раст уыдонау, хæрдмæ Дæ сæрыхъуын ныллæууыди. Мæ хъæбул, Дæ низы судзаг ахаудзæн æрмæст Æрсабырæй. Дæ цæстытыл цы уайы? Г а м л е т. Уый, уый та, уый! Куыд фæлурс у, кæс-ма! Йæ хъысмæтмæ, йæ фæлурс хуызмæ дур дæр Тъæпп ахауид. — О, мердæм ма кæс, ма! Дæ цæстытæ мын афастой мæ зæрдæ,— Мæ хæс, миййаг, куы нал сæххæст кæнон Æмæ цæссыгтæ туджы ’фсон куы калон. Г ер т р у д æ. Кæимæ дзурыс? Г а м л е т. Куыд, — иæ йæ уыныс? Гертрудæ. Нæ. Ницы. Ам цы ис, уынын сæ уыдон. Г а м л е т. Нæдæр æй хъусыс? Гертрудæ. Мах хъæлæстæ ’рмæст. Г а м л е т. Оу, бакæс-ма йæм! Къæсæрмæ фæцæуы: Мæ фыд, цыма сæрæгас у, цæрдуд! 339
Кæс-ма йæм уæртæ, къæсæрыл фæхизы. Æ н д ар ацæуы. Гертрудæ. Нæ, уый дæ рынчын магъзы февзæрд ныв. Куы цуда зонд, рынчыны уд уæд арæх Цæгъды сæнттæ. Г а м л е т. Куы цуда зонд, сæнттæ! Мæ туг кæны дæ дадзиитау, æмцæф, Æмхъазт, æмзард. Къуыхцы иæ кæны хъуыды Мæ ныхæсты. Дыккаг хатт бафæрс мæн — Зæгъон сæ ног,—рынчыны бон нæу афтæ. Дæ хорзæхæй, дæ сæрдæнхос ныууадз! Тыхджын рæдийыс, де ’намоидæн аххос Дæ митæ нæ, фæлæ кæй хоныс мæи. Дæ сæрдæнхос хъæдгомы цъар пыхасы, Фæлæ йæ хуылфы байдзаг вæййы хæф. Хуыцауы раз дæ тæригъæдтыл басæтт, Æрфæсмон кæн, дæ уд фыдмитæй хиз. Хæмпæлгæрдæг æд уидаг вæййы тонгæ. Ныр та мæ раст æргом дзырдмæ — хатыр,— Рæстудæй дын дæ сахъат митæ загътон, Цæмæй хæрзиуæг ракæнон дæуæн. Гертрудæ. , ’ О, Гамлет, афаст й ’астæуыл мæ зæрдæ. Гамлет. Æмæ йын аплар йе ’взæр хай, цæмæй Цæрай хуыздæр йæ сыгъдæджимæ сомбон. Хæрзæхсæв рау. Мауал бацу уымæ. Æфсарм дæм нæй, фæлæ йæ бæсты дар Æрымысгæ, — ныххæцдзæни фæстагмæ. Кæигæ хæрзуаг дæ бафтаудзæн рæхджы Æ\хæг хæрзуагыл. Хорздзинад фæд-фæдыл Куы фæзмай, уæд хуыздæрмæ ивы уд. Уæдæ-иу ахсæв бауром, дæ хæйрæг Фæлидздзæн уæд, уыдзæни дын æнцон. Хæрзæхсæв у. Ды та мын зæгь фæидараст. (Полонимæ амонгæйæ.) Мæгуыр зæрондыл тыпг фæсмон кæнын, Фæлæ, бæлвырд, хуыцауы фæндыд афтæ, Цæмæй уый бафхæрдтаид мæн, æз та Хъысмæты фæндæп ам фæуон йæ марæг. Цæй, мард хæссын, — йæ туджы фæдыл дзуапп 340
Мæхи бар уадз. Дыккаг хатт та — хæрзæхсæв. Тæригъæдгæнæг дурзæрдæ лæг дæн. Æрцыдис иу фыд, йннæ дæр уыдзæн. Æмæ ма иу дзырд. Гертрудæ. Ныр æз та цы кæион? Г а м л е т. Фæрсыс ма? Уæд, цы дæ фæпды, уый кæн. Ныххуыс-иу ахсæв паддзахæн йæ фарсмæ, Æмæ дæ пъатæй хурх куы кæна, уæд~ Фырбузныггадæй байгом кæп дæ зæрдæ Æмæ йын радзур: Гамлет нæу æрра, Йæхи цыдæр фыдвæндæн афтæ дары. Гертрудæ. Куы зоныс ды, æз райсдзыиæн мæлæт, Уæддæр дæуыл нæ рацæудзынæн комдзог. Г а м л е т. ! Мæн Англисмæ æрвитынц — зоныс? Гертрудæ. О, Хъыгагæи. Байрох мæ. Лыг у. Г а м л е т. Гæххæтт мыл Цæттæ каенынц. Дыууæхæлары мын Æрбауæй’кодтоп циигæнгæ мæ цард Æмæ сæ пайда рагацау нымайынц. Хорз, фендзыстæм æй, чи фембылд уа, уый. О, диссаг уыдзæи, хъавджытæ сæхæдæг Куы федзæммард уой. _ Рауилдзынæн сын — Уæд мæ ныццæвæд арв! — сæ хъулмæ тохси,— Дзыхъмард фæуæпт! Гъеуый уыдзæни тых: Фыдвæнд фыдвæндыл асæтдзæн йæ ных! Цæй, раздæр уал ай аласцн. Нæ тыргъмæ А хуылфыдзаума аласын хъæуы.— Уæдæ хæрзæхсæв. Ацы зæронд чъебре Куыд фæхъус и, куыд фæсабыр æваст, Цæргæйæ та гæркъæраг уыди раст. — Цом уæдæ, сударь, бафснайон дæ искуы.— Хæрзфынтæ фен, нæ мады хай. Фæйнæрдæм ацæуынц, Гамл ет, Полонийы ласгæ. 341
1СЦЕНÆ Эльсинор. Уат галуаны. Бацæуынц къ ар о л, Гертрудæ, Р озенкранц æмæ Гильденстерн Кчьаро©0-4 Ис уьщы арф уынæргътыты цыдæр. Æргомдæрæй йын нæй зæгъæн? Дæ лæппу Кæм и? Гертрудæ. Чысыл фæуадзут мах. Г иль денст ерн æмæ Р озе нкр анц ацæуынц. Æрдыд Æрамонд хабар! К’В ароф<Я^ Цы, Гертрудæ? Гамлет Куыд у? Гертрудæ. Кæны æрра митæ, фыдхъызт Куыд ерыс кæна денджызшæ,,афтæ. Тыхстæй йæм* фехъуыст фæсгауызæй хъæр, «Уыры»! — зæгъгæ, фæцъортт ласта рагшрæ Æмæ дзы бамбæхсæг зæронд лæджы Фæмард кодта. К <*> а р о Ъ&^ Æвирхъау ми! Мæхи мын Нæ мардта, уым куы фæцадаин, уæд! * - Уæгъд кæй у, уый æппынæдзух тæссаг у Мæнæн, дæуæн, æппæтæн дæр. Æииу 342
Ныр дзуапп дæттын кæй бахъæудзæни мардыл? Мæн, иунæг мæн, рынчын лæджы æхгæд Кæ& нæ дардтон, кæй йыл мæт кодтон, уымæн. Ам аххосаг нæ уарзондзинад у: Йæ уарзынæй фæкъуырма ис нæ хъуыды,— Æмбæхстам ын йæ худинаджы низ, — Нæ бинонты цард халæг,—æмæ бацыд Йæ сæры магъзмæ низ. Цы фæци ныр? Гертрудæ. Кæдæмдæр ацыд, мард йæ фæдыл ласгæ. Сæнттæ цæгъды,стæй ферттивы йæ зонд, Цъæх дурты ’хсæи сызгъæрин цыма хъазы. Йæ лæгмардыл хæкъуырццæгæй кæуы. Къарол. Гертрудæ, цом. Нæма ныдзæвдзæн хæхтал Сæумæйы хур, уæд науыл баддзæн принц. Йæ фыдракæнд та бахъæудзæн нæхицæн Ныссабыр кæнын искуыд. — Гильденстерн! Бацæуынц Гыльденстерн æмæ Розенкранц. Прииц амардта Полонийы йæ сонтыл, Æмæ йын уатæй аласта йæ мард. Æххуысæн айсут искæйты, — мæсты уæм Куыд нæ фæуа — сындæггай райсут мард Æмæ йæ уартæ зæппадзы нывæрут. Р оз енкр анц æмæ Г ильд ен сте р н ацæуынц. Гертрудæ, цом нæ зонгæтæн зæгъæм Æнамонд хабар, рахæссæм уынаффæ: Нæ ныхмæ сыстдзæн маргджын хахуыр, раст Сармадзанæй цы нæмыг фехсай, уыйау,— Хæлæртты руаджы бахизæм нæхи. Цæуæм. Æхсин, мæ фарсмæ лæуу, цу разæй. Мæ зæрдæ судзы æмæ ризы тасæй. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Æндæр уат галуаны. Бацæуы Гамлет. æрцыдис арф ран. Гамле! Æфснайд
Розенкранц æмæ Гильденстерн (фæссценæйæ). Гамлет, Гамлет! Гамлет. ’ , Тс-с, сабыр! — Чи мæм сиды? —Мæнæ сты. Бацæуыиц Р озенкр анц æмæ Гильденстерн. Гозенкранп. Милорд, зæгъ-ма, цы йæ фæкодтай марды? Гамлет. Нывæрдтон æй: цы зæххæй равзæрд, уым. 'Розенкранц. Цы ран ис, мах æй аргъуанмæ схæссæм. Г а м л е т. • Сымах хъуыды дæр ма кæнут... Р озец кр а нц. Цæуыл? Г а м л е т. Æз, сымахыл аудгæйæ, мæхи байсафдзынæн, ууыл. Стæй æз къаролы фырт, цæмæн хъуамæ дæттон дзуапп цавæрдæр цъирæны фæрстытæн? Розенкранц. Ды мæн хоныс цъирæн, принц? Гамлет. О, дæу. Паддзахы фынг сургæнæн: Æниу, цъирæн- тæ паддзахæн йæ хуыздæр лæггадгæкджытæ сты. Къа~ рол сæ бавæры йæ комы къулты, маймули хуыздæр æнгуз рагацау йæ дэнхы куыд амбæхсы, афтæ, йæ дзыхы сæ бавæры æппæты фыццаг, ныхъуыргæ та сæ акæны æппæты фæстæ. Сымах цы бацъирут, уый йæ куы бахъæуы, уæд уæ алæмары, æмæ та хусæй аз- зайут иннæ службæмæ. Розенкранц. Æз дæ не ’мбарын, лринц. Г а м л ет. Уый мæнæн æхсызгон у. Æдылы хъусы цыргъзоид нæ кусы. Розенкранц. Милорд, ды хъуамæ зæгъай, мард кæм ис, æмæ хъуамæ немæ рацæуай къаролмæ. Г а м л е т. Мард къаролы бæстыл ис,.фæлæ къарол марды бæстыл нæма нс: Æниу цы родъ хъазы къарол? Гильденстерн. Къарол, милорд? 344^-
Гамлет. , - ÆрмæСт— ноль. Ахонут мæ къаролмæ. Хъазтæ, лидзын уæ хъæуы, уартæ цъæх бирæгъ лæууы! Ацæуынц. , . 3 СЦЕНÆ Æндæр уат галуаны. Бацæуы къарол фæсдзæу интимæ. Къарол. Мард агурынц. Ис принцмæ дæр æрвыст. Уынут æй ныр, цæйбæрц тæссаг у уагъдæй, Фæлæ йын тынг карз бафхæрæн дæр нæй; йæ фарс лæууынц хуымæтæг адæм, уыдон Сæ зондæй нæ — цæстæй кæнынц тæрхон: Æфхæрд уынæнт, æндæр сæ зонд нæ хаты, Цæй фæдыл у. Цæмæй дзы ма уа загъд— Æвдисдзыстæм: принц службæйы хъуыддагмæ Æрвыст цæуы. Тæссаг куы вæййы низ, Уæд ын йæ ныхмæ карз хостæ фæхъæуы. Бацæуы Розенкранц. Цы байыстут? Нæма фæзынди мард? РоЗенкранц. Фæцагуырдтам, фæлæ йæ никуы ссардтам. Къарол. ^ Кæм ис йæхæдæг? Розенкранц. Мæнæ фæсдуар, ам, Лæууы дæ дзырдæй хъахъхъæнæг йæ цуры. Къарол. Хорз. Ракæнут æй ардæм. Розенкранц. Гильденстерн! Æрбакæн æй. Бацæуынц Гамлет æмæ Гильденстерн. Къ ар о л. Кæм и Полони, Гамлет? Г а м л е т. Æхсæвæрыл. К’ь а р о л. Æхсæвæрыл? Уæд кæм? 345
Г а м л е т. Йæхæдæг кæм нæ хæры, фæлæ йын йæхн кæм хæ- рынц, уым. Ацы сахатыл æм æмбырд^й бавнæлдтой дунейы уаллæттæ. Уаллон, цасфæнды йæ фау, уæд- дæр æцæг æгъдауæвæрджытæн сæ тæккæ хистæр у. Мах фæзилæм алыгъуызон фосмæ, иæхицæн хæрьь нæн, нæхимæ та фæзилæм — уаллæттæн. Тæнджын къарол уа æви тæнтъихæг мæгуыргур — уæлдай сæ нæй: дыууæ тæбæгъы—иу хæринаг. Къарол. Бæллæх, бæллæх! Г а м л е т. Адæймаг кæсаг æрцахсы уаллонæй, къаролы чи бахордта, уымæй, æмæ бахæры кæсаджы, уаллоны чп аныхъуырдта, уый. Къарол. Цы зæгъинаг дæ уьшæй? Г а м л е т Æрмæст иу: къаролы бон у мæгуыргуры тъæнгты дыууæрдæм тезгъо кæнын. Г о р а ц и. Кæм и Полони? Г а м л е т. Мæрдты бæсты. Арвит æм фенынмæ. Кæд дæ ми~ нæвар нал раздæха, уæд æй абæрæг кæн дæхæдæг. Уæвгæ, кæд æй мæймæ не ссарай, уæд æй дæ фын- дзæй æмбудын байдайдзынæ тыргъмæ схизæны. К ъ а р о л (фæсдзæуинтæн). г I Цæугæ æмæ йæ басгарут уым. Г а »м лет, Ауайут: æнхъæлмæ кæсынæй уæм йæ цæстытæ- иыуурс сты. Фæсдзæуинтæ ацæуынц. Къа р о л. А туджы хабар, Гамлет, махæй домы, Дæхи уды сæрæгасы тыххæй Дæу æрвитын æвæстиатæй дардмæ. < Тагъд арæвдз кæн. Цæуынæввонг у нау, Фæндаггон дымгæ радымдта, цæттæ сты Дæ хъузæттæ дæр,—Англисмæ цæут. Г а м л е т. Куыд, Англисмæ? 346
Къарол. О, Англисма, Г а м л е т. Иттæг хорз. Къа р о л. Æцæг, кæд нын нæ фæнд æмбарыс, уæд. Г а м л е т Æз зæд уынын, æмæ дæ уый æмбары. Цæй, хорз, кæд Англисмæ, уæд Англисмæ!—Хæрз- бон, мæ зынаргъ мад. Къарол. Дæ зынаргъ фыд — зæгъинаг уыдтæ, Гамлет? Г а VI л е т. Нæ, мад. Фыд æмæ мад — ус æмæ лæг, ус æмæ лæг та иумæ вæййынц ныхæст. Уæлдай нæу. Хæрзбон, мæ мад. — Уæдæ Англисмæ — уый диссаг уыдзæн! (Ацæуы.) Къа р о л. Цæугæ йæ фæдыл. Басайут æй наумæ Æвæстиатæй а сæнтдзæфы, тагъд, Цæмæй йæ тæф дæр мауал уа ам абон! Фæндараст ут. Цы бакæнын хъæудзæн — Нымайый уыдон фыстæджы. Фæтындзут. Розенкранц æмæ Г и ль д е нст е р н ацæуынц. Кæд, Англис, ды мæ уарзтæн аргъ кæныс, Æмæ дæ кæд нæма ферох мæ хъару,— Ис данийаг æхсаргардæй нырма Дæ ныхыл нос æмæ нын фидыс хъалон,— Уæд мын мæ бардзырд бамбардзынæ раст Æмæ гуырысхо нал кæндзынæ— Гамлет Каей у дæ къухмæ марынæн лæвæрд. Уый амар, Англис! Уый куы уа уæлæуыл, Уæд сойдзырагъау тайдзынæн. Уый мард Куы нæ уа, уæд мæныл нæ хæцы цард. Ацæуы. 4 СЦЕНÆ Фæзбыдыр Данийы. Бацæуынц капи т ан, Ф о р т и нб р ас æмæ æфсæддонтæ. 347
Фортинбрас. Салам ын раттут Данийы къаролæн. Нæ бадзырдмæ гæсгæ, дам„Фортинбрас Фæкæны йе фсад Польшæмæ дæ зæххыл. Æмбырд цы ран кæнæм, уый зоныс ды. Зæгъ ын: нæ сæр куы бахъæуа хъуыддагæн, Уыдзыстæм уæд йæ фæсидтмæ цæттæ. Фæндараст. К а п и т а н. Хорзыл амбæлут, Фортинбрас. Бардз, размæ! Форт инб ра с æ ф с адимæ ацæуы. Бацæуынц Гамлет, Розенкранц æмæ Гильденстерн. Г а м л е т. Кæй æфсад у? К а п и т а н. Норвегиаг. Г а м л е т. Кæй ныхмæ? К а пи т ан. Уый —, Полынæйы. Гамлет . * Æмæ уæ балхон чи у? К а пи т ан. Принц Фортинбрас, зæронд къаролы фырт. Гча м л е т. Æгасæй хæцут Польшæйыл, æви Йæ иу хайыл?^ К а п и т а н. Æргомдзырдæй: цæуæм Зæххы гæбаз лыг кæнынмæ. Дæ къах ыл Æрывæр æмæ — нал зындзæн. Æз ыл Нæ раттин фондз дукаты дæр. Норвеги Æмæ йæ Польшæ хатдзоныл дæттынц — Хæрын дын ард, уæд уый-бæрц дæр нæ райсид. Г а м л е т. Уæдæ уæд Польшæ уый сæрыл нæ хæцдзæн. Ка питан. Æрæвæрдта дзы фидар гарнизон! Г а м л е т. Дыууæ мины æфсæддонтæ, æхца та Дæсгай минтæ — æмæ сын не сты ’вгъау 348
Зæххы гæбазыл! Ахæм у йæ хъæдгом Нæ за^анæн: йæ бакастæй — хæрзконд, Æнæннз, цардхуыз; мидæгæй та, калмау, Мæлæтдзаг низ йæ халæн куыст кæны.— Сэр, бирæ цæр, дæ бацамындæй — бузныг. К а п и т а и. Рæствæндаг у. (Ацæуы.) Розенкранц. Милорд, цæй, мах дæр цом. Г а м л е т. Цæут. Æз дæр уæ феййафык ныртæккæ. Ацæуынц, Гамлетæй фæстæмæ иннæтæ. Цыфæнды фенон — уайдзæф мын кæны Æмæ мын дзуры: маст исыныл батындз. Циу адæймаг, йæ бæрзонддæр бæллиц Хæрын æмæ фынæй кæнын куы вæййы? Цæрæгой, фос. Ау, адæймагæн æрдз Йæ фарон æмæ фидæнмæ кæсынæн Цы диссаджы тыхджын зонд радта, уый Æнархайгæ цæмæн лæзæра хъуамæ? Цы мыл эерцыд? Æви мыл бафтыд рох, Кæнæ мæ митæ сахуыр дæн æвзарьш Æгæр лыстæг: цы уыдзæн, æмæ — куыд? Лæгæн йæ зонды иунæг хаймæ уæд Æртæ хайы тæппуддзинад куы хауы! Цæмæн ма хъæуы дзурын та æдзух: «Цу, райс дæ маст», куы мын ис фидар аххос, Куы ис æхсар, тых æмæ бартæ, у«æд? Мæхиуыл худын байдайын, лæгдæрты Куы фенын, уæд. Райс уартæ уыцы бардз Æмæ йæ хъал сæрыстыр принцы: цас у Хъуыддагмондаг, æрыгонæй — ныфсхаст! Куыд бæллы кадмæ! Карз хæстмæ фæбырсы, Мæлæт æмæ хъысмæты ныхмæ, цард Иæ дары мурмæ, афтæмæй йæ хъуыддаг Хуымæтæг айчы хъузджы аргъ дæр нæу. Æцæг лæгæн егъау хъуыддаг куы нæ уа, Уæд не змæлы, фæлæ цытæн хъæуы, Уæд бацæуы хъæмпыхалыл дæр тохы. Æз та, кæй фыд фæмардæуыд, кæй мад Фæхудинаг, хæрам кæй риуы судзы,— ш
Æз та кæсын къæмдзæстыгæй æнцад Æмæ уынын, дыууын мин æфсæддоны Куыд фæбырсынц хæрзифтонгæй, цæмæй Хуыссæнау, цагъды ингæны ныхуыссой, Хæцынæн нæ — сæ ныгæнынæн фаг Цы дзырддаг зæхх нæу, уый ч,ысыл гæбазыл! хО, ныр, мæ хъуыды, тугахуырстæй цæр Æртхъирæнты, кæннод мæлæт хуыздæр! Ацæуы. 5 СЦЕНÆ Уат галуаны. Бацæуынц Г ертру дæ æмæ Гор аци. Гертрудæ. Нæ, ма йæ ’рбауадз. Тынг тыхст дæн. Г о р а ци. Бырсы. Æцæг, цыма фæцудыдта йæ зондæй. Тæригъæддаг чызг у. Гертрудæ. Цы йæ хъæуы? ’ Г о р а ц и. Йæ фыдыл ниуы: дуне, дам, мæнгард у;— Цыдæр гуырысхо байдыдта, йæ риу Тымбыл къухæй нæмы æмæ дзыназы, Сæнттæ цæгъдгæ. Хæццæ ныхас кæны, Фæлæ йæм хъус, уæд байдайыс дызæрдыг: Иæ сæртылдæй, йæ ныхæстæй æфты Кæуылдæриддæр алгъуызон хъуыдытæ... Хуымæтæджы, дам, не сæрра ис чызг, Тæссаг цыдæр, дам, басусæг чындæуыд... Гертрудæ. Фæлтау æй фенон. Не знæгтæн, миййаг, Сæ хъуыдыты куы байтауа дызæрдыг. Фæдзур-ма йæм. Гораци ацæуы. Мæ зæрдæ — рыст, тæригъæдджын — мæ уд. Цыдæр тæссæй кæнын æдзух æнуд. Æмбæхст фыдгæнд нæ хъуыдыты куы ссудзы, Уæд нæ йæхæдæг байдайы нымудзын! 350
Баздæхынц Гораци æмæ 0 фели. Юфели. ’ Кæм и нæ бæсты фидыц æмæ не ’хсин? Гертрудæ. Цы дæ хъæуы, Офели? Оф е ли (зары). Ауыгъта мæныл йæ къух Уарзон уд æцæг. Армы дардта уый æдзух Плащ æмæ лæдзæг. Гертрудæ. Мæ удæнцой, цы амоны дæ зар.æг? О ф е л и. Фæлæуу-ма, æз æй азарон æххæст. (Зары.) Амард, леди, амард ныр, Баци уый фынæй. Ис йæ нывæрзæн къуыдыр, Ингæныл та — къæй. Гертрудæ. Æрбайхъус-ма, Офели... О ф е л и. Ох, фæлæуу-ма... Бацæуы къ аро л. Гертрудæ. Тæригъæ&даг! Цыхуызæн у, кæс-ма йæм. Оф ели (зары). Мæрддзаг урс уардиты бын Ныр фæци бынтон. Цæсгом цæссыгтæй æппын Нæу сæрфын мæ бон. К ъ а р о л. Нæ дзæбæх чызг, зæгъ-ма куыд у дæ цард? О ф е л и. Хорз, хуыцау дын уа хорз ракæнæд. Афтæ фæдзу- рынц, уыгæн, дам, йæ фыд дзулгæнæг уыди. Хуыцау зоны, нæ фæстаг цæмæ цæуы. Уæ цæхх, уæ кæрдзы- нæй — бузныг. Д ъ а р о л. Иæ фыдимæ йæ зæрдæ дзуры. 351
Офели. Уæ хорзæхæй, уый тыххæй кой дæр ма кæнут. Фа^- лæ дæ куы фарстæуа, уый цы амоны, уæд-иу сын зæга: (Зары.) Сæумæйыл Валентины бон Мæ уд дæумæ цæудзæн, Æмæ дын хъуамæ уæд зæгъон: Мæ хуры хай, дæу дæн. Цы ’рцыди дарддæр — зонæн нæй, Фæлыг мæ царды хал: Цыдтæн’ æм мидæмæ чызгæй Фæлæ фæстæмæ — нал. Къа р о л. Мæ ахсджиаг Офели! Офе ли. Æнæ сомыйæ, ныртæккæ йæ фæуыдзынæн. Къа р о л. Рагæй афтæ у? Офе ли. Уый хуыздæр у„ хуыздæрмæ цæуы. Æз бабыхс- дзынæн. Ие, æцæг, мæ цæстысыгтæ нал бауромын, уазал сыджыты ис, ууыл куы ахъуыды кæпьш, уæд. Фæхабар хъæуы ме ’фсымæрмæ. Бузныг уæ тæфæр- фæсæй. Уæдæ — иннæрдæм, мæ къарет! Хæрзæхсæв, леди. Хæрзæхсæв, зынаргъ леди. Хæрзæхсæв у, хæрз- æхсæв. (Ацæуы.) Къа р о л. Йæ фæдыл тагъд! Цыпцæрдзæстæй йæ хъахъхъæн! Гораци ацæуы. Иæ фыды мастæй сæрра ис, мæгуыр. Лæгыл бæллæхтæ иугæйттæй нæ цæуынц, Гертрудæ, фæлæ — къордæй. Иу уыди — Полонийы æдзæм фæмард, сæ иннæ — Æгæнон дардмæ Гамлеты æрвыст, Иæхи аххосæй. Аннæмæй та — адæм Хъуыр-хъуыр кæнынц. Сæрхъæн дзыллæ кæм и— Ыскастысты, Полонийы мæлæтыл Цæуы сæ дам-дум. Сусæгæй нæ хъуыд Ныгæнын марды. Цыппæрæм бæллæх та — Офелийы уæззау сæрниз, цы у— Бæрæг ыи нæй? Сырдтæ иæ хоны. Иууыл Бæллæх та у Лазрты сусæг раздæхт 352
Фæстæмæ Францæй, не ’мгæрон нæ цæуы, Æууæнды алы дам-думтыл, фæрсы Дзæгъæлдзыхты, зæгъгæ, мæ фыд куыд амард Æмæ цæмæй? Нæу азымджын бæрæг Æмæ та махыл баккой кæнынц аххос. Гъеуыцы алы сагъæстæй кæны Мæ рыст зæрдæ цæрдхуынчъытæ, Рертрудæ. Æдде цæуы хъæр-хъæлæба. Г е р т р у д æ. Цы хъæр уа, чи сты? К ъ а р о л. Хъахъхъæнджытæ, тагъд! Æрлæуут къордæй къæсæрыл! — Цы ’рцыди? Бацæуы иу у æз дан. У æз д а н. Æмбæхсгæ, паддзах! Денджыз ракалд, уæд Куыд лæбура йæ фидар былтæм, афтæ Лаэрт æмæ йæ бунтгæнджыты къорщ Лæбурынц ныр дæ хъахъхъæнджытæм,— семæ Дæ сау адæм. Цыма ныр фæзынд цард, Цыма нырмæ фыдæлтон æгъдау хæлд уыд, Цыма гуырысхо байтыди зæххыл — Хъæртæ кæнынц: «Нæ паддзах ныр Ла$рт у! Æгас цæуæд Лаэрт!» Хъæртæ кæнынц Æмæ сæ худтæ арвы онг æппарынц. Гертрудæ. Сæ цин мæнг у! Фæивддзаг кодтой фæд! Фæрæдыдыстут, даниийаг цъыфхортæ^ Фæстæмæ, тагъд! К ъ а р о л. Æрбатыдтой нæм дуар. ;Ед гæрзтæ бацæуынц Лаэрт æмæ иукъорд дакийаджы. Л а э р т. Кæм и къарол? — Ныууадзут нæ сымах. Данийæгтæ. Нæ, мах ныууадз. Л а э р т. Цæугæут уал фæстæмæ. Данийæгтæ. Цæй, хорз уал. Хорз уал. (Ацæуынц фæстæмæ.) 23 Шексчир 353
’ Л а э р т. Бузныг. Уым лæуут. Æрцахсут къæсæр!—Ды, къарол, æнаккаг, Мæ фыд кæм и? Ге р т р удæ. Æнцойдæрæй, Лаэрт. Л г э р т. Цы? Мисхал мæм куы разынид æнцойад, Фæхудинаг дзы уаиккам уæд æз, Мæ фыд, мæ мад. Куыд уон æнцой, — цы уарзтон^ Зæххыл мын уый куы нæуал баззад, уæд? К ъ а р 6 л. Лаэрт, цæуыл у, уæйгуытау, дæ сыстад?— Æнцад, Гертрудæ, тас мьш мурдæр нæу. Къаролы фидар хъахъхъæнынц нæ зæдтæ, Цыфæнды тынг лæбура знаг, уæддæр Йæ къух цыбыр у. — Басæтт ныи æргомæй, Цæй фæдыл афтæ смæсты дæ, Лаэрт? Зæгъ, хъусæм мах.—Дæ дзыхыл хæц, Гертрудк:. Л а эрт. Мæ фыд кæм и? Къарол. Ныгæд. Гертрудæ, Фæлæ къарол Уым аххос нæу. Къа р ол. Уадз, бафæрса мæ ноджы. Л аэрт. Куыд амарди? Æцæг, фæливгæ нæ! Æз аппæрстон иæ бастдзинад, æрдбахæрд, Æнувыд, уарзып — авд дæлдзæхы фод!— Мæн нал хъæуынц. Тæрсын мæ ма кæн. Баууæнд: Уæлæуыл уон, мæрдты — уæлдай мын нæу. Цыфæнды уа, уæддæр æз хъуамæ райсон Мæ фыды туг. К ъ а р о л. Уый чи нæ уадзы дæу? Л а э р т. Нæу никæй бон, уый у мæнæн мæхи бар. Фæрæзтæ та — цы мæм ис, уыдон — фаг. Тæрсгæ мын ма кæн. Къ ар о л. Хорз, Лаэрт, фæнды дæ 354
'Дæ фыды мæлæт бæзонын бæстон? Æмæ, миййаг, дæ масты фæдыл, къамтау, Куы схæццæ кæнай азымджын æмæ Æназымы, фыдгул æмæ хæлары? Л аэрт. Нæу уымæй тас. Къ ар о л. Уæдæ дын æй зæгъон? Л аэ рт. Зæгъ мын æй, о. Хæлæртты та, фыццагау, Æз уарздзынæн, сæ сæраппонд мæ туг Ныккалдзынæн. Къарол. Гъеныр, Лаэрт, ды дзурыс, Мæ хъæбулау æмæ уæздан лæгау. Дæ фыды марды æз кæй нæ дæп аххос, Цы маст кæнын, уый базондзынæ тагъд. Данийæгтæ (фæссценæйæ). Фæндаг ын раттут! Л а э р т. Чи кæны хъæлæба? Баздæхы 0ф ели. Магъз, батай масты! Цæстысыгты цæхх, Æрæмбырд у мæ дыууæ цæсты, скъах сæ! Хуыцау æвдисæн, райсдзынæн мæ маст Дæ зонд ныттаргæнæгæй, майы уарди! Мæхи Офели, о мæ дзæбæх хо! Мæлæт куы айсы фыдæлты, уæд уайтагъд Сæ чызджытæн дæр басæтты сæ зонд. О, уарзондзинад барвæндæй фæкæны йæхи нывопдаг, а дунейыл ын Хуыздæр æмæ зынаргъдæр чи уа, уымæн. Оф е ли (зары). Йæ табæт гомсæрæй зынди, Мæ дзыккутæ тыдтон, Мæ цæссыг табæтмæ цыди. Хæрзбон, мæ уд, хæрзбон! Л аэрт. Райс туг, зæгъгæ, куы домдтаис хæд-зондæй, Нырæй фылдæр нæ загътаис уæддæр. О ф е л и. Сымах мын ахъырнут: «Алвис урс къуымбил, мæ цæст. Æлхуи. ма ныссæтт æрмæст. Зил, уæдæртт, цы 355
мæрддаг’дæ, — алвисои мæ мæрддзæгтæ!» Тс-с,—уый дуарсæттæг къæрных у, мæгуыр чызджы аскъæфæг. Л а э р т. Иæ хæццæ ныхæсты цыфæнды баст ныхæст&& арфдæр хъуыды ис. Офели. Мæнæ дидинæг розмарин — æнувыды нысан: айс æй, мæ хур, ма мæ ферох кæн. Адон та — цæстыхау- тæ: сагъæсыл æфтауынц. Лаэрт. Иæ сæнттæ мæ хъуыдытыл æфтауынц. Йæ хæццæ хъуыдытæй сленк кæны рæстдзинад. Офели. Мæнæ дын — хъонтхора — козбаудзинад; мæнæ — донзайæг—гадзрахатдзинад. Мæнæ—рута — фæсмон æмæ æнкъарддзинад. Адонæй иу-цалдæр исын мæ- хицæн. Мадымайрæмы кæрдæг дæр æй фæхонынц. Мæнæ —æхсынкъмарæн—фидар уарзондзииады ны- сан. Фæлæ мын баруадысты, мæ фыд куы амарди, уæд. Афтæ дзурынц, æвиппайды амарди, æнцонæй. (Зары.) О Роби, мæ зæрдæ, мæ цинæн йæ сæр дæ! Л а э р т. * Йæ хъизæмар, йæ зонды айст, йæ низ! Сæ иу дæр ын нæ басаста йæ хæрзуд. Офели (зары). Кæд ма мæм раздæхдзынæ, кæд? Кæд ма дын ракæнон лæггад? Нæ, мард дæ ды æмæ ныгæд, Ныр та уыдзæн мæ рад. Цы рухс сæрыхъуынтæ дын уыд! Æрттывтой урс митау, мæ фыд! Фæлæ ды мард дæ ныр, æмыр Æмæ дæ рухсаджы фæдыл Мах хъуамæ кувæм ныр. Чырыстон удтæн сегасы тыххæй дæр, хуыцау, ба- хатыр кæн! Цæй уæдæ, хуыцау уыл аудæд! (Ацæуы.) Л а э р т. Уынут, уынут? О стыр хуыцау! Къаро л. Лаэрт, Дæ маст мæнæн дæр маст у, ууыл баууæнд, Мæ рæстдзинад дын равдисдзынæн æз. 356
Дæ хæлæрттæн сæ зондджындæрты равзар, Уадз байхъусой æмæ зæгъой сæ фæнд. Кæд махмæ ссарой исты аххос уыдон, Кæд уæм зылЬш, уæд нын пæ цард, нæ худ, Нæ паддзахад æмæ нæ бынтæ — сегас Дæ фыды мардмæ айсдзынæ. Кæд нæ, Уæд та-иу быхс æмæ нæм хъус бæстондæр, Цæдисæй иумæ ссардзыстæм рæстад,— Рох ма кæн уый. Л а э р т. Разы дæн æз æппæтыл. Иæ талынг мæлæт, сусæгæй ныгæд, Р1æ ингæмыл кæй нæй нысан, æхсаргард, Кæй йын нæ рард ныгæнæн бон æгъдау— Мæрдтæй мæм сиды, сегас дæр бындзарæй Куыд равзарон. Къаро л. Æвзæрст уыдзысты, зон. Йæ марæгæн мæлæт уыдзæн тæрхон. Ныр немæ цом. Ацæуынц. *С" 6 СЦЕНÆ Иннæ уат галуаны. Бацæуынц Г ор аци æмæ фæсдзæуин. Гор аци. Цæмæн сæ хъæуын, читæ сты? Фæсдзæуин. Матростæ. Фыстæджытæ сæм ис дæумæ. Г о р а ц и. Зæгъ сын.— Уый диссаг у: кæцæй уа æмæ чи уа, Нæ мæм фыстæуы, Гамлетæй уæлдай. Бацæуынц матростæ. Матрос. Фарн ам уа, сэр. Г о р а ц и. Хуыцау дын раттæд хорзæх. Матрос. Уый дæттæд, æндæр æй мах райсдзыстæм. — Мæ- 357
нæ дэем фыстæджытæ, сэр. Науæй даём сæ рарвыс- тæуыди, Англисмæ минæварæй, — кæ,д; дæ ном Гора- ци у, уæд — афтæ мын загътой. Гор ади (кæсы). «Гораци, ацы фыстæг бакзес æмæ йæ бахæсджы- тæн фæрог кæн къаролмæ бахауын. Уымæ дæр сын æрвитын фыстæджытæ. Дыууæ боны дæр нæ фестæм денджызы, афтæ нæ баййæфтой денджызон абырджы- тæ. Уыдон нау махонæй рæвдздæр уыдис,* баййæфтой нæ æмæ нæ бар-æнæбары семæ бахъуыди хæцын. Сыфцæй ласын нæ куы сфæнд кодтой, уæд æз багæпгс ластон уыдон наумæ, стæй иаутæ фæхицæн сты, æмæ абырджытæм æз иунæгæй аззадтæн уацары, Ницы мын кодтой, сæхи равдыстой уæздан абырджытæй, кæд денджызон уыдысты, уæддæр. Фæлæ уыдон цы кæнынц, уый зонынц. Мæ сæрмæ исты бадомдзыстьт. Бахæццæ кæн ацы фыстæджытæ къаролмæ, сгæй тæхгæ мæнмæ, цыма мæлæты разæй лидзыс, уыйау. Ахæм хабар дын радзурдзынæн, дæ сæрыхъуынтæ арц кæмæй сыстой. Ацы хорз адæм дын бацамондзыс- ты мæ бынат. Розенкранц æмæ Гильденстерн дарддæр фæленк кæнынц Англисмæ. Уыдон тыххæй дæр дын радзурдзынæн. Хæрзбон. Дæ хъаймæты хæлар Гам- лет». М а тр о с. Цом, ацы иннæ фыстæджытæ раттæм, Сæ рарвитæгмæ батындзын хъæуы. Ацæуынц. 7 СЦЕНÆ Æндæр уат галуаны. Бацæуынц къ арол æмæ Л аэ рт. Къа р о л. Ныр у дæ хæс хæлар зæгъын мæнæй Æмæ ныр мæн дæ мид-зæрдæйы сраст кæн. Ныр базыдтай, дæ фыды марæг лæг Кæй фæнд кодта мæнæн мæхи дæр марын. Л а э р т. Уый хорз, фæлæ цæмæн не ’рцыд лæвæрд Æвзарынмæ та тæрхондонмæ ахæм Егъау æмæ бæрнон хъуыддаг, цæмæн Ныууагътат рох æдасад æмæ бартæ? 358
Къарол. Ис аххостæ,—дæуæн кæд ницы сты, Уæддæр мæнæн æнæхынцгæ нæй уыдон: Мад — ус-паддзах йæ цæрайæ цæры,— Уый хорз хоныс, æви æвзæр —дæ бар у,— Фæлæ уæлæрвты стъалытæн куыд нæй Сæ зилæнтæй æддæмæ цудæн, афтæ Мæнæн мæ усæй хицæнгæнæн нæй. Стæй адæмæн принц кадджын у сæ цæсты. Тæрхон ын кæн, йæ рæдыдтæ йын уæд Хæрзиуджытыл нымадтаиккой адæм. О, адæм ахæм суадоны цæхх у, Цъæх-цъæхид къалиу сау дур кæмæй фесты. Мæстæймарæн нæй ахæм сонт тыхæн, Кæннод дæ ныхмæ сыстдзæни тымыгъау — Дæхи фатæй дын батондзæн дæ ных. Л а э р т. Уæдæ мæ фыды амæлæт, мæ хойы Æвирхъау маст ныууадзон? Никæд, нæ, — Æз дын мæхицæй не ’ппæлын ныртæккæ, ’’ Фæлæ мæхойау нæй зæххыл рæсугъд. Нæ, туг ист хъуамæ уа! Къа р о л. Гуызавæ ма кæн. Цы хоныс мæн, — æдылы, йе — сæрхъæн? Ау, æз мæ удæн тасдзинад нæ хатын? Æви мæ рихи хъазынæн дæттын? Дæхæдæг райсом фендзынæ. Хæлар мын Уыди дæ фыд, мæхицæн знаг нæ дæн, — Гъеуый уал дын, мæнмæ гæсгæ, æгъгъæд у. Бацæуы ф ыд и у æг æд фыстæг. > Цæй, циу, цы кæныс? Фидиуæг. Принцæй дæм фыстæг. Сæ иу дæумæ, сæ имнæ — ус-иаддзахмæ. Къа р о л. Куыд, принцæй? Чи сæ ’рбарвыста? Ф и ди у æ г. Цæйдæр Матростæ, дам. Нæ сæ федтон мæхæдæг. Мæнмæ сæ радта Клавдио. К ъ а р о л. Лаэрт,
Фæнды дæ хъусын — Бакæсон сæ. — Ацу. Ф ид иу æ г ацæуьи (Кæсы.) «Бæрзондыл бадæг! Базон, мæн кæй рар- гъæвдæуыди дæ паддзахадмæ деиджызæй. Райсом курдзынæн, цæмæй мæ, нæ паддзах, бауадзой дæумæ æмæ дæуæй бар ракурон, иунæгæй ме ’нахуыр æвип- пайды раздæхыны тыххæй радзурынæн. Гамлет». Цы хабар уа? Ау, раздæхдысты сегас? Æви мæнг у æмæ нæу хъуыддаг хæлд? Лаэрт. Йæхи къухфыст уа? К ъ а р о л. Уый у — принцы къухфыст. Кæс-ма: «бæгънæгæй», ам, бынæй та — «иу». Куыд дæм кæсы? Цы зæгъдзьшæ? Л а э р т. Нæ зонын. Фæлæ мæ йемæ фембæлын фæнды. Мæ цæстытыл ныридæгæн дæр уайы, Йæ ныхыл ын куыд фехсдзынæн: «Лæгмар!» Къаро л. Кæд афтæ, уæд цæй фæдыл у къуылымпы? Уæдæ иæ хъуыддаг арæзт у, Лаэрт, Æз дын уыдзынæн разамонæг. Л аэрт. Амон. Æрмæст дзы ма уæд фидауыны кой. Къарол. Цæй фидыд, цæ! Уый — никæд! Иугæр раздæхт, Уæд тагъд æрвитын нал бакомдзæн уый. Гъеуымæ гæсгæ, æз æрхъуыды кодтон: Мах ахæм ранмæ басайдзыстæм уый, Æмæ дзы ссардзæн барвæндæй йæ мæлæт. йæ байсæфтыл нæ цæудзæн дам-дум уæд, Иæ мад дæр нын нæ базоидзæн нæ хинтæ Æмæ сыбыртт дæр не скæндзæн. Л а э р т. Къарол, Кæд дæ фæнды, уæд æз уыдзынæн хотых Дæ фæндонæн. Къаро л. Мæ фæнд дæр уый у, уый. Дæ балцы заман дæр нæ рох нæ уыдтæ. 360 *
Æз фехъуыс^он, ам Гамлетæн кæддæр Æппæлдæуыд дæ бирæ арæхст ,митæй, - ;,. Фæлæ дын Гамлет бабæллыд æрмæст Дæ хорз митæн сæ къаддæрмæ. Л а э р т. Уæд цавæр? Къарол. Чысыл хæрзиуæг, -^- чъилджын худæн бант Цы вæййы, уый. Æрыгон лæппу дары Иæ уæнтыл рог плащ, ацæргæ лæг та Æнæниздæрæн тинты кæрц фæдары. Дыууæ мæй раз^æр ам уыд иу уæздан Нормандийаг. Францусæгты æз зонын, Уыдтæн сæ ныхмæ хæсты дæр, — æмбал Нæй уыдонæн бæхыл хъазынмæ. Уый та Дæлимон уыд. Йæ саргъыл-иу ныббындз, Æмæ йæ бæхыл ахæм митæ ’вдыста, Цыма уыдис йæ хайуанимæ иу Æгасæй дæр. Цы митæ кодта, уыдон Нæц фыны фенæн, радзурæн сын нæй! Æнæрцæугæ! Л а э р т. Нормандиаг æй хоныс? Къарол. * Нормандиаг. Л а э р т. Хæрын дын ард — Ламонд! Къарол. Æцæг уыд уый. Л а э р т. Мæ зонгæ. Уый налмас у, Йæ бæсты фарн. Къа р о л. Дзырдта мын: зоны дæу, Дæуæй мын тьщг æппæлыди, цыргъ кардæй, Куыд арæхсыс, цы дæсниад дæм ис, Уæлдайдæр та — рапирæтæй хæцынмæ, ., Дæуæн, дам, уым æмсæр-æмбал дæр нæй. Дзырдта,,цыма сæ загъдкъахæг лæппутæ * Куы хæцынц демæ, уайтагъддæр сæ уæд -,*. Лц ^асæттыс. .Йæ ныхæстæм ьщ ^ъуысха , ^æлэёгæй Гамлет; нал кодта фынæй, . Дæ разд^тмæ,æдзух^й каст.æнхъæлмæ, *
Цæмæй ды йемæ рахæцай. Дæуæн Æфсон у уый! Ла эрт. Æфсон? Ома —цы мийæн? Æфсон — цæмæ? Къарол. Æргом-ма зæгъ, Лаэрт: Æцæгæй кæныс аргъ дæ фыды номæн, Æви æрмæст хъыгдзинады нывау, Зæрдæ нæй дæу? Лаэрт. ’ Цы фарста ма у уый та? Къарол. Дæ фыды уарзтай — ууыл нæй ныхас. Фæлæ цыфæнды уарзтæн дæр рæстæг у йæ равдисæн; рæстæг та иваг у, Æмæ нæ уарзт дæр азты фæдыл тайы. Æмбарыс мæ? Нæ судзгæ уарзты зынг Куыд фæстагмæ йæ сæджы бын фæвæййы,— Куы нæ дæтта лæг йе ’нкъарæнтæн куыст, Уæд байдайынц, æртхутæгау, ызгъæлын. Цы сфæкд кæнай, уый аразгæ вæййы, Кæд нæ, уæд сысы сабыргай,—фæндонæн Куыст бирæ ис, стæй арæх ивы бон, Лæг адæмы куыд арæх уыны, афтæ. Иæ рæстæгыл кæнинаг у хъуыддаг., Æмæ цы хъуыддаг у? Æрбаздæхт Гамлет. Лаэрт, дæ фыды уарзтай, зæгъгæ, уый Ныхæстæй уæлдай—равдисис хъуыддагæй? Л аэрт. О, дзуары дæр ын бахсынин йæ хурх! Къарол. А-гъайдæр, иæй лæгмарынæп сыгъдæг ран Æмæ нæ зоны тугисын æмгъуыд. Уæдæ уал ныр цæугæ’ уæхимæ. Гамлет йæхæдæг базондзæн, ды ам дæ, уый, Æппæлдзысты дæ кардарæхстæй уыигты, Кæрæдзимæ уæ бакæндзысты, стæй Æвæрдзысты уæ дыууæйыл хæснæгтæ. Æнæмæт у, рæстуд, æмæ кæлæн Цы у — нæ зоны,—не ’ркæсдзæни кæрдтæм, Дæуæн æнцонæй бауыдзæи дæ бон Къуымых рапирæ аивын цыргъвындзæй,*-* 362
Фæцарæхс-иу, фæцырд-иу у, гормон! Дæ фыды туг дзы райсдзынæ! Л а э р т. Иттæг хорз! Йæ цыргъ дæр ма йын байсæрддзынæн æз. Кæддæр мæм иу сæрдæн æрбафтыд: марг у,— Фæхъæстæ дзы дæ карды фындз чысыл, Фæцагайдтай дзы, уæд ирвæзæн нал ис!— Мæлæт йæ хурхыл бахæцы лæгæн, Фæнды йын дар кæрдæгыл бантыд хостæ. Мæ карды фындз дзы байсæрддзынæн æз. Æрмæст чысыл фæцъæррæмыгъд уæд — Гамлет Нæ фервæздзæн. Къ а рол. Æркæсæм-ма хуыздæр, Цы ма уыдзæн æнæнхъæлæй нæ разы. Зæгъæм, нæ фæнд нæ рауади, кæнæ Нæ мæсыг акалд, æмæ сусæг раргом. Цы хъæудзæн уæд? Сæ бæсты хъуамæ мач Æндæр исты фæрæзтæ ифтонг дарæм. Фæлæуу-ма, ахъуыды кæнон. — А-гъа! Цæттæ у. Æз егъау хæснаг æвæрын... Хорз, хорз. Сымах куы бафæллайат, уæд,— Ды уый тыххæй тыхджындæр кæн атакæ!— Æркурдзæн дон,—æз авæрдзынæн уæд Йæ цуры нуазæн. Акæнæд дзы иу хуыпп,— Дæ маргдзæфæй куы фервæза, уæддæр Йæ мæлæт уым и. — Цавæр хъæр уа уый та? Бацæуы Гертрудæ. А, ус-паддзах! Гертрудæ. Маст масты фæдыл бафтыдис, Лаэрт! Фæдæлдон ис æнамондæй Офели. Л а э р т. Фæдæлдон! Куыд? Стæй — кæм? Нæ уыдзæн уый! Гертрудæ. Йæ урс цæнгтæй кæм хъазы доныл хæрис, Офели уырдæм бацыди, уыдис Иæ къухты бирæ дидинджытæ: бур, Сырх, урс, цъæх, арвхуыз—бийынмæ сæ хъавыд Æнцад-æнцойæ хæрисыл, ф.æлæ Иæ къухы бын æваст фæсасти къалиу, Æд дидинджытæ феуæгъд ис æмæ 363
Ныххаудис тæккæ хуыдымы: Фыццаг ыл Дымдæй йæ дарæс доны сæр хæцыд Æмæ йæ хаста, доны чызгау, уылæн. Цы тасы ран уыд — не ’мбæрста фыццаг, Цыма йын донæй ницы тас у мурдæр, Æмæ йæхицæн зарыди сындæг. Фæлæ йæ дарæс баумæл ис уайтагъд Æмæ йæ уыдон аластой быимæ— Йæ мæлæтмæ. Л аэ р т. Фæдæлдон ис! Гертрудæ. Фæдæлдон! Л а э р т. Мæ хо Офели, д’ алы фæрсты дон Ныр бирæ ис, дæу нал хъæуы цæстысыг, Фæлæ нæ лæууынц! Худинаг мын у; Фæлæ кæлынц. Лæмæгъæй нæм цы баззад, Цæуы сæ уый.— Хæрзбон, нæ хорз паддзах. Мæ зæрдæ судзы, а лæмæгъдзинад мын Мæ тых сæтты. (Ацæуы.) Къарол. Гертрудæ, цас æхсар Фæхардз кодтон, цæмæй йæ маст æрхуысса! Ныр та тæрсын: куы та сæрра уа ног. Йæ фæдыл цом. Ацæуынц. Ш
1СЦЕНÆ Уæлмæрдтæ. Бацæуынц д ыу у æ ингæнкъахæджы фиййæгтæ æмæ къахæнтимæ. Фыд ц ат. Нæ фæлæ раст уыдзæни, барвæидæй дзæнæтмæ бахауыныл цы чызг архайдта, уый чырыстон ныгæд кæнын? Д ы к к а г. Æвæццæгæн, раст уыдзæи. Æмæ йьш тагъддæр къах йæ ингæн. Слестгæиæгæн æй равдыстой æмæ ра- хастой: чырыстонау ныгæпгæ у. Ф ы ц ц а г. Бæлвырд афтæ .у? Йæхи хъахъхъæнгæйæ нæ фæ- дæлдои ис. Д ы к к а г. Цы гæнгæйæ уыд, ахæм тæрхон ын рахастой. Ф ы ц ц а г. Ам зондæй архайын хъæуы. Æнæуый — закъонæй куы пæ уа. Зæгъæм, æз мæхи фæдæлдон кодтоп барæй. Уæд уымæн æртæ хуызы æвзарæн ис. Сæ иу — сфæнд кæнын, сеннæ — фæнд алыг кæнын, æртыккаг — фæнд сæххæст кæнын. Хатдзæг та иу у: чызг барвæн- дæй бапиæрста доны йæхи. Д ы к к а г. Кзес-ма ацы ингæнкъахæгмæ... Ф ы ц ц а г. Нæ, худгæ ма кæн. Зæгъæм, мæиæ ам— дон. Хорз. Зæгъæм, ам та адæймаг. Хорз. Зæгъæм, мæнæ ауылты фæцæуы адæймаг йæхи фæдæлдон кæнынмæ. 365
Фæнды дæ, нæ фæнды, уæддæр дæугæ доны баппа- рь!нмæ кæны, гъеуый мидæг ис хъуыддаг дæр. Иннæ- мæй райс дон. Кæд æмæ йæм дон æрбакæла æмæ йæ- фæбынæй кæна, уæд чызг йæхи тыххæй дзуапдæттæг нæу. Цыбырдзырдæй, йæ мæлæты йæхæдæг аххйс- джын чи нæу, уый нæу йæхи угарæг дæр Д ы к к а г. Æмæ уый закъон у? Ф ы ц ц а г. Æнæмæнг. Закъонтæн сæ тæккæ хистæр. Д ы к к а г. Фæнды дæ рæстдзинад базонын? Уый хъæздыг хæдзары чызг куы нæ уыдаид, уæд чырыстон ныгæд йæ цæстæй дæр нæ федтаид. Ф ы ц ц а г. Раст у дæ ныхас. Æмæ хъыгаг дæр уый у: сыгъдæг уæздæттæн ис алгъуызон фадæттæ сæхи ауындзынæн æмæ дæлдон кæнынæн, мах хуызæн мæгуыртæн та ахæм бартæ нæй. Цæй, хæйрæджы амæттаг фæуæнт. Райдайæм къахын. Уæздæттæй дын куы зæгъон, уæд нæй рагондæр уæздæттæ дыргъдонгæстæй, зæх- кусджытæй æмæ ингæнкъахджытæй. Уыдон мыггаг суанг Адамæй рацыди. Д ы к к а г. Ау æмæ Адам дæр уæздан уыди? Ф ы ц ц а г. Уымæй раздæр хæцæнгарз ничи хаста. Д ы к к а г. Аргъæуттæ кæныс, гæрзтæ нæ хаста. Ф ы ц ц а г. Талынг дæ, æви муртат? Куыд æмбарыс сыгъдæг фыст: «Адам къахта зæхх»? Ау, æмæ йæ къухтæй къахта зæхх? Мæнæ ма дын ноджы иу фарст. Æр- мæст раст дзуапп ратт, науæд зоныс... Д ы к к а г. Раппар дæ фарст. Ф ы ц ц а г. Зæгъ-ма, ч» аразы ноджы фидардæр дура-майæ- гæй, науаразæгæй æмæ æрмгусæгæй? Д ы к к а г. Ауындзæн аразæг. Ауындзæн фылдæр цæры, чи • йæм бахауы, уыдонæн сегасæй. Ф ы ц ц а г. Зæдтыстæн, зондджын дæ! Ауьшдзæн — уый хорз^
у. Фæлæ кæмæн у хорз? Иæ хъуыддаг æвзæр кæмæн у, уымæн. Ды загътай æвзæр, ауындзæн аргъуанæй фидардæр куы рахуыдтай, уæд. Гъеуымæ гæсгæ, ауындзæн хорз дæуæн у. Цæй, ног та райдай, æрмæст ацы хатт бафæрс ды. Д ы к к а г. Чи аразы ноджы фидардæр дурамайæгæй, науа- разæгæй æмæ æрмгусæгæй? Фыццаг. О, базон æй æмæ дын лекка кæныны бар ратдзы- нæн. Д ы к к а г. А-гъай йæ базондзыиæн. Ф ы ц ц а г. Базон-ма!' Д ы кк а г. Нæй, дæлимон, нæ йæ зоныи. Бацæуынц Гамлет æмæ Г о раци. Фыццаг. Дæ сæрымагъз ма дон кæн дзæгъæлы, уымæн æмæ зондцух хæрæджы цас фæнды нæм, уæддæр тагъд- дæр нæ ацæудзæи. Фæлæ ма дын ацы фарст искæд куы рардæуа, уæд-иу зæгъ: «иигæнкъахæг». Уый цы хæдзæрттæ аразы, уыдон фæлæудзысты хъаймæты бонмæ. Уайгæ ныр Иогенмæ, æрдав мын иу ахуыппы фаг. Дыккае инг æнкъ ахæг ацæуы. (Къахы æмæ зары.) Уыдтæи ма сонт æмæ мæ сæр Зылд уарзыны зынгæй. Æнхъæлдтон, уарзынæй хуыздæр Дунейыл мурдæр нæй. Гамлет. Цымаё ацы саглæг æмбары, цы ми кæны, уый? За- ры, ингæн къахгæйæ. Гораци. Сфæлтæрдта уыцы куысты, ныддурзæрдæ ис, уæл- дай йын нал у. Гам л ет. Афтæ у алкæддæр: кусгæ цы къух нæ кæна, уый тынгдæр хаты риссын. 367
Ф ы цц а г (зары). Фæлæ куы бадæн æз зæронд,— Æрбахъуызыд мæлæт, Æрцыдтæн уый бæстæм æз конд,— Куыд ма мæ зонай уæд? (Сæппары сæрыкæхц.) Г а м л е т. Ацы сæрыкæхц&ен уыдис æвзаг æмæ зарыди кæд- дæр. Ацы музуккаг та йæ сыджытыл хойы, цыма йын фыццаг адæймагамарæг Кдины æфсæрыстæг у! Цы бæ- рæг и, чи зоны, ацы къо>ппа уыдаид иу полити’кы, йæ хинтæй суанг хуыцау дæр кæмæн тарсти, æмæ йæ ныр мæнæ ацы хæрæг амбылдта, фæуæлахиз ыл ис,—куыд дæм кæсы? Г о р а ц и. Уыдаид, принц. Г а м л е т. Науæд та иу фæсдзæуины, афтæ-иу чи дзырдта: «Дæ райсом хорз, ме стыр æлдар? Куыд у де ’нæниз, мæ хæрзаудæг æлдар? Чи зо-ны, уыцы фæсдзæуин йе ’лдары бæхæй уыцы козбау æппæлдтытæ дæр уымæн кодта, цæмæй йын æй уыйфæстæ ракуырдтаид,—нæ уыдаид? Г о р а ц и. Уыдаид, принц. ,Гамлет. Гъе уæдæ афтæ у. Æ(мæ ныр та «мæ зынаргъ Сæ- рыкæхцæн» йе ’фсæрыстæг нал ис йæ уæлæ, æмæ йын йæ цар ингæнкъахæг йæ фиййагæй къупп-къуип кæны. Диссаджы ивддзинæдтæ цæуы æрдзыл мах сæ нæ уынæм, афтæмæй. Цас æмæ цас фыдæбон кæнын бахъуыди ацы стджытæ сырæзыныл* ныр хуытæй- хъазæнмæ ’рхаудтой. Ме стджытæ риссынц æрмæст йе скойæ дæр. Ф ы цца г (зары). Фиййаг уа, къахæн — рахæсс тагъд, Æрцæттæ кæн мæрддзаг; Фæцис йæ ингæн мардæн къахт — Æхсæвиуаты фаг. (Ноджы сæппары сæрыкæхц.). Г а м л е т. Ноджы ма иу. Цæуылнæ уа уый иу-цавæрдоер’ за- къонæвæрæджы сæрьщæхц? Цы фесты йæ хинтæ æмæ йæ кæлæнтæ, йæ къæндзытæ æмæ йæ искæй ахсæн а©8
æнгуыртæ, йæ къæппæджытæ, йæ лыстæгбыд хызтæ? Цæмæн дæтты бар ацы гуымиры музуккагæн йæ чъи- зи фиййагæй йæ къæбут хойынæн æмæ йæм цæуылнæ бартхъирæн кæны йе ’фхæрæн миты тыххæй тæрхон- донмæ раттынæй? Хм! Чи зоны, ацы хорз лæг йæ за- маны уыди стыр зæххытæлхæнæг, лæвæрдта сæ хат- дзоны, дывæр, æртывæр пайдайыл, цъыидыйыл æвæ- рын кодта бирæтæн сæ ис, сæ бон. Ау, уыдон ын се ’ппæт ницы фæахъаз сгы, нæ йæ фервæзын кодтой, цæмæй йæ зæххуарзаг сæрыкæхц сыджыты амæттаг ма фæуыдаид, уымæй? Ау, йæ дывæрыг, йе ’ртывæрыг хатдзæттæ йын ацы нарæг фидарæй уæлдай иицы радтой? Йæ зæххыты тыххæй йæм цы акттæ конд уы- дис, æрмæст уыдои дæр нæ бацыдаиккой ацы асыччы, Æмæ дзы сæ хицауы та фæцис æрмæст афтæ чысыл? Г о р аци. О, афтæ чысыл, мæ дзæбæх принц. Г а м л е т. Зæгъ-ма: пергамент фысдзармæй нæ фæаразынц? Г о р ац и. О, мæ дзæбæх принц, стæй роддзармæй дæр. Г а м л е т. Фыстæ æмæ родтæ сты, а дунейыл цард йæ уды пайдайæн чи аразы, уыдон. Æз аныхас кæнон ацы къахæгимæ.—Кæй ингæн у, хорз лæг? Ф ы ц ц а г. Мæн, сударь. (Зары.) Фаецис йæ ингæн мардæн къахт, Æхсæвиуаты фаг. Г а м л е т. А-гъай у дæу, иугæр дзы дæхи нытътъыстай, уæд. Ф ы ц ц а г. Ды, сударь, дæхи тъыссыс ингæны нæ, фæлæ дæ хъуыддаг чи нæу, уым, гъеуый адьгл ацы ингæн дæу нæу. Æз та дзы мæхи нæ тъыссын, фæлæуæддæр мæн У- Г а м л е т. Нæ, дæхи дзы тъыссыс, йæ мидæг лæугæйæ, мæн у кæй дзурыс, уымæй. Уый та марды у, удæгасы нæ, фæлæ. Уæдæ дзы ды дæхи тъысгæ кæныс. Ф ы ц ц а г. Мæнæй дæуæй дзы раздæр тъыст чи æрцæудзæн, уый бæрæг нæма у: чи зоны йæм ды баразæй уак. 24 Шекспир »6»
Гамлет. Цавæр чырыстон лæгæн æй къахыс? Ф ы ц ц а г. Иу чырыстон лæгæн дæр нæ. Г а м л е т. Уæд та цавæр чырыстон усæн? Ф ы ц ц а г. Иу чырыстон усæн дæр нæ. Г а м л е т. Уæд та дзы кæй ныгæндзысты? Ф ы ц ц а г. Раздæр чырыстон чи уыдис, ахæм чызджы, су- дарь. Фæлæ ныр — рухс дзæнæты бадæд — амарди. Г а м л е т. Мæлæты дзыхджын нæу ацы цæстфæлдахæг! Нæ ныхæстыл нæ арфдæр хъуыды кæнын хъæуы, науæд нæхи къæппæджы бахаудзыстæм. Зæдтыстæн, Гора- ци, ацы æртæ азы дæргъы нæм алчидæр ахæм цыргъ- æвзаг сси æмæ музуккаг йæ къахыфындзæй къуыры паддзахы фæсдзæуинты зæвæттæ, агайы йын йæ хæл- маг.—Рагæй дæ ингæнкъахæг? * Ф ы ц ц а г. Афæдзы бонтæй æз ингæнкъахæг дæн, нæ дзæнæты бадинаг къарол Гамлет Фортинбрасыл куы фæуæла- хиз, уыцы бонæй фæстæмæ. Га м л ет. Æмæ уый раджы уыди? Ф ы ц ц а г. Дæхæдæг æй нæ зоныс? Уый ныр алы сæрхъæн дæр хорз куы зоны: уый уыди, мæнæ æрра чи сси æмæ Англисмæ кæй арвыстой, уыцы æрыгон Гамлеты райгуырæн бон. Га м л е т. Уый диосæгтæ куы зоныс! Æмæ йæ цæмæн арвыс- той Англисмæ? Ф ы ц ц а г. Уымæн æмæ сæрра ис. Уым та йæм йæ зонд æрыз- дæхдзæн фæстæмæ. Кæд не ’рыздæха, уæддæр ницы кæны: уым зонд иицæмæн хъæуы, Г а м л е т. Цæуылнæ? Ф ы ц ц а г. Уым æй ни’чи рахатдзæн: иууылдæр уый хуызæн æрратæ сты.
Га м л ет\ Диссаг: цымæ куыд сæрра ис? Фыццаг. Æиахуыр куыддæр, дам. Г а м л е т. Ау, куыд æнахуыр куыддæр? Ф ы ц ц а г. Куыд вæййы, афтæ: адымдта йæ зонд. Гамлет. Цæй дымæгмæ? Ф ы ц ц а г. Нæхи Даниийы хабæртты дымæгмæ. Æз ам ингæн- къахæг сывæллонæй нырмæ дæн — дæс æмæ ссæдз азы. Г а м л е т. Цас фæлæудзæнис адæймаг сыджыты æнæ бамбий- гæйæ? Ф ы ц ц а г. Бæрæг нæу: кæд йæ амæлæты агъоммæ нæ бамбы- ди — чысыл куы нæ ис ахæм мæрдтæ, æмбыдæй ныгæд чи æрцæуы,—уæд фæлæудзæнис иу-аст азы, иу-фараст азы дæр. Цармгæнæг — уый фараст азы фæлæудзæн. Г а м л е т. Цымæ цæмæн—иннæтæй фылдæр? Ф ы ц ц а г. Уымæн æмæ, сударь, йæ царм над вæййы æмæ дон мидæмæ нæ уадзы. Дон та, сударь, стыр халæнхос у, чи ныккуыдз æмæ ныххæдмæл вæцйы, уымæн. Мæ- нæ ноджы иу сæрыкæхц. Ацы сæрыкæхц сыджыты фæци дыууын æмæ ноджы æртæ азы. Г а м л е т. Кæй у, цымæ? Ф ы ц ц а г. Иу куитыхæринаг æнæсæрымагъзы. Кæй у, дæумæ гæсгæ? Г а м л е т. Бауырнæд дæ, нæ зонын. Ф ы ц ц а г. Рын æй ахæсса уыцы æнæсæрымагъз магусайы! Иухатт мын рейнаг сæны авг аскъæрдта мæ сæрыл. Ацы сæрыкæхц, сударь, къаролы айуан Йоркы у. Г а м л е т. Уый у? ’ 371
Ф ы ц ц а г. Тæккæ дæр уый. Г а м л е т. I Æри-ма йæ. (Райсы сæрыкæхц.) Е-гъи, мæгуырæг Йорк! Æз æй зыдтон, Гораци. Æнæкæрон цыргъзшд адæймаг, æмбисонды æрхъуыдыджыи. Мин хатты цæ рахæсс-бахæсс кодта йе ’ккой. Ныр та — мæ зæрдæ хæццæ-кæны æрмæст йæ уындæй дæр. Мæ цæстысыг мæ хъуырмæ ссæуы, бауырнæд дæ. Ам уыдысты уьщы былтæ, æз æппынæдзух батæ кæй кодтон.—Цы фесйы ныр дæ хъæзтытæ? Дæ худæджы митæ? Дæ зарджы- тæ? Дæ хъæддзæг. ныхæстæ, алкæд-иу фынгыл бад- .джытæ худæгæй кæмæ мардысты, — æви дæм дзы дæ- хиуыл фæхудыны фаг дæр нал баззадис? Де ’фсæр цæй зæбул æрцис? Цæугæ ныр кæцыфæнды саурæ- сугъдмæ æмæ йын зæгъ: цасфæнды фæцахорæд йæ цæсгом, уæддæр ын æй фæстагмæ ахæммæ хъæуы,— цымæ бахудид! — Дæ хорзæхæй, Гораци, зæгъ-ма мын иу хъуыддаг. ’ Гораци. Цавæр, мæ дзæбæх принц? Г а м л е т. ’ Куыд дæм кæсы, Македойнаг Александр дæр ахæм хуызæн суыдаид сыджыты? Г о р ац и. Сыгъдæг ахæм. Тамлет. Æмæ уый дæр ахæм тæф кæна? Фи! (Сæрыкæхц æрæвæры зæххыл.) Г о р ац и. Тæккæ дæр ахæм, мæ дзæбæх принц. Гга м л ет. Æвæдза, адæймаг цынæ чъизи уавæры бахаудзæн, Гораци! Александры æртхутæг цы уавæрты фæцис, уыдонмæ лæмбынæг æркæс, уæд йæ фæстаг боцкъайы къæрмæгмæ нæ цæуы? Г о р а ц и. Хъуыддагмæ афтæ кæс — уый æгæр уæлæнгай цæс- тæнгас уаид, припц. ■ Гамлет. Нæ, æппындæр иæ. Уый уаид, чи хъæуы æмæ куыд æмбæлы, ахæм æркаст адæймаджы хъысмæтмæ. Зæ- гъæм афтæ: Алексаидр амард, Александры баныгæд- той, Алексаидр ныртхутæг, æртхутæг у сыджыт, сы- 372
джытæй æвзæры æлыг; ау æмæ Александрæй цы æлыг равзæрдию, уьшæй’ цæуылнæ ис бæгæныйы боц- къа сабхг&нæн? Ныссыджыт4 Цезарь, дунейы паддзах Æмæ дзы ныр нæ къултæ сæрдæм мах. Цы ’нгуылдзæй тарсти дунетæн сæ зæрдæ, Уый уазалд^он лыстæг хуынчъьгтæ сæрды... Тс-с! Иуварс ц^м! Æрбацæуы къарол! ^ацæуыьщ сауджынтæ æЛæ иннæ мæрддзыгойы адæм. Офелийы мард бахæссынц, сæ фæдыл Лаэрт, къарол, Гертрудæ, фæсдзæуинтæ. Стæй йе ’фсин, ноджы фæсдзæуинтæ. Чи уа, Кæй ныгæной æнæ фæткæй? Бæлвырд, Кæй хæссынц, уый йæ тыхстæй алыг кодта Йæ царды хал. Зынгæ чидæр уыдис. * ’ Цæй, бакæсæм. (Иуварс алæууынц Горациимæ.) Л а з р т. Цæй, цавæр ма хъæуы Æгъдау, зæгъут? Г а м л ет. Лаэрт у уый, æгъдауджын, Хæрзуд лæппу. Кæс-ма... Л а э р т. Цы ’гъдау ма, цæй? С а у д ж ы н. Цыдæриддæр æмбæлд æгъдауæй, уыдон Мах бакодтам. Йæ мæлæт нæу бæлвырд. Æндæр исчи уыдис, зæгъгæ, йæ ныгæд Æрцыдаид æнæсыгъдæг зæххыл Æнæ цытæй,—уæд не ’рцыдаид аргъуыд, Æхстаиккой йыл дуртæ ’мæ сыджыт. Ныр ын ис дидинджытæ, ис чындздзон худ Чызджы рæсугъд фæрдгуытимæ, цæгъды Йæ номыл аргъуан, кадæй йæ æвæрæм. Л а э р т. Æндæр ын ницы? Сауджын. Не ’мбæлы фылдæр. Нæ дины уаг дзы бафхæрдзыстæм, заргæ К^уы скæнæм, уæд — хуыцауы низæй нæу Йæ мæлæт. 37,4
Л а э 2 т. Чырын ауадзут. Иæ сыгъдæг Æназым буарæй дйдинджытæ осæуæнт!— Æрбайхъус-ма, фыд-зæрдæ сауджын, дЦ Дæ удхæрттæй куы сниуай, уæд хуыцаумæ Мæ хо кæндзæнис кувгæ. Г а м л ет. • Куыд! Офели? Гертрудæ (дидинджытæ æвщргæйæ). Рæсугъд чызгæн—рæсугъдтæ.— Хуысс, мæ хур! Фæндыд мæ дæу чындз рахонын, дæ чындздзон’ Сынтæг фæлындын,—уыдон бæсты ныр Фæлындын табæт. Л а э р т. Авддæлдзæх æрбауæд Æмæ фæуæд æрдиаггаг, дæуæн Дæ сыгъдæг зонд фæцудынгæнæг! — Багъæц! Фæстаг хатт ма йæ ахъæбыс кæнон. (Ныггæпп кæны ингæнмæ.) Ныр баныгæнут мардимæ æгасы, Куыд уа бæрзонддæр махыл амад хох’ Раст Пелион æмæ Олимтш хохæй! Г а м л е т (размæ ралæугæйæ). Уый чи у, ахæм судзаггаг кæй маст у? Бæрзонд хæхтæм кæй рис хæццæ кæны Æмæ кæй сидтмæ хъусынц хæхтæ джихæй? Æз — Гамлет, данийаг. (Ныггæпп кæны ингæнмæ.) Л а э р т. Æлгъыст æрбау! (Фæлæбуры йæм.) Г а м л е т. Дæ куывд нæу хорз. Мæ хурхæй суадз дæ къухтæ. Нæ дæн тызмæг æмæ цыбырхъуыр æз, Фæлæ мæм ис тæссаг цыдæр,—хуыздæр у, Дæхи мæ хиз.'Дæ къухтæ «иуварс айс! Къар о л. Ныууадзут! Гертрудæ. Гамлет, Гамлет! 374
И у у ы л. Хорз уæздæттæ!.. Го раци. Фæлæуу-ма, принц. (Баиргъæвынц сæ, фæйнæрдæм ацæуынц.) Г а м л ет. Нæ судзгæ быцæу кардæй Лыггæнынмæ цæттæ дæн, æмæ нæй Мæ цæсты рухсæй — басабыр мæ удæн. Гертрудæ. Цы быцæу у, мæ хъæбул? Г а м л е т. Уарзтон æз Офелийы, — мæ уарзондзинад уыд, Дыууиссæдз мин æфсымæры куыд уарзой, Тыхджындæр уымæй. — Зæгъ, йæ номыл ам Цы бакæнис? Къ ар о л. Лаэрт, йæ зонд æнкъуыст у, Гертрудæ. Дард, ма ’вналут, ныууадзут æй! Г а м л е т. Нæ, равдис, Цы бакæнис йæ номыл ам? Хæцис? Кæуис, дзыназис? Стонгæй дæхи марис? Марг баназис? Йе — бахæрис кæфхъуындар? Мæ бон дæр у. Мæ фыдæнæн кæрзыс? Цы ныггæпп ластай ингæнмæ? Цæрдудæй Дæхи ныгæныс? Уый мæ бон дæр у_. Цы зарыс хæхтæм? Самайæнт ныл, хурыл Кæй цъугш ныдзæва, ахæм обау, хох Сынчъыйас дæр кæй раз нæ зына, ахæм. Хъæртæй æмбулыс? Уый мæ бон дæр у! * Гертрудæ. Мæсты йæм ма кæн, ма йæм хъус, —йæ низау Куы ’рцæуа, уæд æрæмбардзæн йæхи Æмæ та ног уыдзæн, бæлонау, сабыр. Г а м л ет. Лаэрт! Цæй фæдыл мæм фæдæ хæрам? Кæддæр, цыма, уыдыстæм мах хæлæрттæ. Уæвгæ, нæу диссаг: бирæгъæн, дам, хаст Æмбисæндтæ, уæддæр уый хъæдмæ каст. (Ацæуы.) 375
Къ ар о л. Цу, йемæ цу, дæ хорзæхæй, Гораци. Гораци ацæуы. (Лаэртæн.) Ды та рох ма кæн не ’зноны ныхас Æмæ уал быхс. Æвзæрст æрцæудзæн хъуыддаг.— Гертрудæ, принц кæд иунæг у, миййаг.— Дæ хо кæй фыдæй амард, уый нын ратдзæн Иæ сæрæй дзуапп. Чысыл ма бабыхс ды, Стæй уæд дæ зæрдæ нал уыдзæн тыхсты. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ Зал галуаны. Бацæуынц Гамлет æмæ Гораци. Гамлет. Уый алыг ис. Ныр ма ис иу хъуыддаг. Фæлæ ма хабæрттæ лæууынц дæ зæрдыл? Гор аци. Куыд нæ ма, принц. Гамлет. Æнахуыр тох цыди- Мæ мид-зæрды, фæлыгъд мæ хуыссæг. Раст мыл Цыма уыди хъадамантæ. Æваст Каютæйæ уæлæмæ схызтæн, — хатгай Æваст хъуыды пайдадæр у лæгæн Иæ зондджын æмæ дардыл конд хъуыдытæй. Æвæццæгæн, ис дунейыл цыдæр, Нæ хъысмæтæн нывгæнæг чи у, ахæм. Г о р а ц и. У^дзæнис, принц. Г ам л ет. Плащ акодтон, хæрдмæ Ысхызтæн науыл, талынджы сæ ссардтон, Сæ пакет сын фæцъипп ластон, бынмæ Ныххызтæн ног; æмæ йын тагъд-тагъд халын Иæ мыхуыр; ризгæ, байдыдтон кæсын Æнаккаг паддзахы фы-стæг, Гораци, Мæхи тыххæй, ома: тæссаг лæг дæн Æз Англис æмæ Данийæн, хъæуы мæ Æрцахсын, æмæ уайтагъддæр мæ сæр Æрцæуæд лыг. 376
Г о р а ц й. 1 ’ Нæ уыдзæн уый! Гамлет. Фыст ам и. Æнцой рæстæг æй бакæсдзынæ. О, Цы бакодтон — фæнды дæ зонын? Го р а ци. Курын. Г а м л ет. Хæрз сæфт кæнын, уый базыдтон, фæлæ Куыд фервæзон — бæрæг нæ зыдтон. Артау Сыгъдтæн. Уым афыстон æндæр фыстæг Æмæ йæ ногæй рафыстон сыгъдæг. Æрыгонæй рæсугъд фыосын нымадтон! Уæздан, æдзæллаг адæмы куыстыл, Æвзæр куы фыссин, уымæ-иу бæллыдтæн. Ныр бахъуыди рæсугъд фыссыны сæр! Зæгъон дын æй, цы ныффыстон? Г о р а ц и. Зæгъ-ма йæ. Г а м л е т. Къаролы номæй афтæ радтон дзырд: Мæ бæстæн Англис раст кæй фиды хъалон, Хæлардзинад кæй рæзы не ’хсæн хорз, Нæ фидыддзинад дидинæг кæй калы, Гъеуыдон тыххæй ацы фыстæг касг Куы фæуат, уæд йæ бахæсджытæ хъуамæ Æрцæуой мард, æнæ тæрхон æмæ Æнæ сыбырттæй. , Г о р а ц и. Ау, æмæ мыхуыр та?.. Гамлет. О, зæд мын уым дæр баххуыс кодта! Уыд Мæ фыды мыхуыр мемæ, — уымæй ист у Нырыккон Данийы мыхуыр дæр,—фыст Иæ бынаты нывæрдтон ног, мыхуыр Æрæвæрдтои æмæ та пакет арæвдз,—< Раст афтæ ма æдзæллаг мадæн дæр Йæ ноггуырд саби аивынц æндæрæй, Æвгъæдгæстæн куы уа пайдадæр, уæд. Йæ дыккаг бон та денджызои хæст рауад, Цы ’рцыдис уым, дæхæдæг зоныс, уый. 377
Г о р а ци. Нау Гильденстерны, Розенкраицы ласы Сæ мæлæтмæ? Г а м л ет. Сæхи фыдæй у уый. Мæнмæ нæй аххос. Хин лæгæн йæ кæлæн Йæхиуыл тыхсы. Кæд дæлбары дæ, Дæхи уæд ма тъысс хицæутты ’хсæн, уыдон Кæрæдзийæ сæ маст куы исой, уæд. Г о р а ци. У, къарол марг! Г а м л ет. Ныр бамбар ды, куыд судзь* Мæ риуы маст. Æгъгъæд ын нæу, мæ фыды Кæй амардта, кæй фегад ис мæ мад, Кæй ныллæууыдис адæм æмæ ме ’хсæн. Ныр мын мæ цард дæр байсынвæнд кæны! Нæ уыдзæн, никæд! Хъуамæ йын йæ уд Æз аскъуыно’Н. Г о р а ц и. Тагъд Англисæй хабар Æрбацæудзæн. Г а м л ет. Æвæццæгæн. Уæдмæ маг Цы бонтæ баззад, уыдон ма сты мæн,— Уæвджыйæ дæр, цæй цыбыр у лæджы цард!—■ Цæстфæныкъуылд! Иттæг фæсмон кæнын, Лаэртимæ фæбыцæуыл, Гораци. йæ тухиты мæхи хъысмæт уйнын Æмæ мын нæй æнæ фидаугæ йемæ. Дæ маст æргом хъæрæй æвдис,— нæ, уый Цæмæн хъæуы? Æвиппайды йæм уымæн Тызмæгæй сдзырдтон. Г о р а ц и. Сабырдæр,— Уый чи дæ? Бацæуы Оз рик. О з р и к. Арфæ дын кæнын, дæ уæздандзинад, Данимæ дзæ- бæхæй де ’рбаздæхты фæдыл. Г а м л е т. Арфæгонд у, сэр.-—Зоныс ацы быидзы? Гораци. Нæ, милорд. 378
Гамлет. Амондджын дæ. Иæ зонын — стыр лæгдзинад нæу. Дунейы зæххытæ йæм ис, йæ фындз та уæлæрвты хæссы. Фосæн стуры сæвæр паддзахæй æмæ йæ кæв- дæс бахæсса къаролы цурмæ. О, ай сыгъдæг цъиах у. Фæлæ, кæдæм стахт, уымæ гæсгæ исбонджын цъи- ах. О з р и к. Зæрдырай принц, дæ уæздандзинад мæнмæ бай- хъусынæн рæстæг куы саккаг кæнид, уæд уын цыдæр рахабар кæнин йæ иууыл бæрзондзинадæй. Г а м л е т. Сэр, æз дæ хабар арф айсдзынæн мæ зæрдæмæ. Æрмæст дæ худ исты хъуыддагыл бафтау: уымæн йæ бынат сæр у. 0 з р и к. Стыр бузныг, дæ уæздандзинад. Тынг тæвд у. Гамлет. ’ Нæ, бауырнæд дæ, тынг уазал у. Цæгатаг дымгæ. О з р и к. Æцæгæйдæр, иучысыл уазалгомау у. Раст зæ- гъыс. Г а м л е т. Гъе фæлæ уæддæр, мердыгонау, æнæхъуаджы тæвд у, тынг æнуд у мæ нарст буарæн. О з р и к. Принц, диссаджы тæвд у! Ахæм æнуд у æмæ — нæ зонын, куыд æй зæгъон. Фæлæ дын, принц, йæ иу- уыл бæрзонддзинады дзырдæй хъусын кæнын, уый дæу тыххæй кæй æвæры хæснагыл тынг бирæ æхца. Г а м л ет. О, фæлæ уæддæр, дæ хорзæхæй... (Тыххæй йын йæ худ ныккæнын кæньи) О з р и к. Нæ, ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, афтæ мын æнцон- дæр у, бауырнæд дæ! Сэр, а дыууæ боны æрбаздæхт Лаэрт, æцæг джентльмен, бирæ хæрзиуджытæй æххæст адæймаг, æхсæнады раз зæрдæдзæугæ, бакастæй сах- рæсугъд. Æнæраппæлгæйæ, уый у уæздаидзинад амо- вæн чиныг, уымæн æмæ йæм сты æцæг хорз хъомыл- гонд адæймаджы чи хъæуы, уыцы миниуджытæ сегас дæр. Г а м л е т. Сэр, цы ныв ын скодтай, уый раст йæхи хуызæи 379
у. Æниу ын йæ хæрзиуджытæ радгай нымай, уæд уы- доиы фæдыл адæймаджы хъуыды нысеуйтæ æмæ фæ- ;дзæгъæлтæ уаид, афтæ бирæ сты уыцы хæрзиуджы- тæ, Фæлæ ма дæ ныхаеыл уæддæр хъуамæ бафтауон æз: уый у ахæм сыгъдæг, ахæм стæм" мыггагæй, æмæ уый хуызæн у æрмæст айдæны йæ хуыз; фæзмгæ йæ чи кæны, уыдон та сты æрмæст йæ лæмæгъ аууæттæ— æндæр ницы. О з р и к. Дæ уæздандзинады ныхас уымæй иттæг раст у. Г а м л е т. Цæй фæдыл дзурыс, сэр? Цæмæн æгад кæнæм нæ - гуымиры ныхæстæй уыцы уæздан джентльмены ном? О з р и к. Сэр? Г о р а ц и. Дæ хъуыдыйæн æргомдæрæй зæгъæн нæй? Дæ уды хатырæй, бацархай, хорз лæг, Га’м л ет. Цæмæн дæ бахъуыд уыцы джентльмены кой кæ- ■ нын? О з р и к. Лаэрты? Г о р а ц и (сабыргай Гамлетæн), Уыныс, йе ’хцадон афтидæй аззадис. Йæ сызгъæ- рин ныхæстæ конд фесты. Гамлет. О, Лаэрты, сэр. О з р и к. Мæнæн сусæг нæу, ды хорз кæй зоныс... Га м л ет. Æхсызгон мын у, мæ зоньщдзинад дын сусæг кæй нæу, уый. Æниу, ды мæ зонай, уымæй мæныл уæлдай ницы бафтдзæн. Гъемæ, сэр? Озрик. Мæнæн сусæг нæу, ды хорз кæй зоныс, Лаэрты иттæг арæхстдзинад. Гамлет. Уый базонæи уыдзæни, йемæ рахæцын мæ куы ба- хъæуа, уæд. Лæг искæимæ абаргæйæ базоны йæхи. Оз р и к. , , Ныхас цæуы, хæцæнгарзæй Лаэрты арæхстдзина- дыл. 380
Иууылдæр дзурынц, æмбал, дам, ый нæй уыщы хъуыддаджы. Г а м л е т. Цавæр хотых æм ис? О э р и к. Рапирæ æмæ хъама. Г а м л е т. О, дывæры хотыхджын. Гъемæ дарддæр? Озр ик. Къарол, сэр, хæснаг æвæры Лаэрты ныхмæ æхсæз араббаг бæхы, уый та сæ ныхмæ æрæвæрдта, æз куыд фехъуыстон, афтæмæй, æхсæз францусаг рачшрæ æмæ хъамайы æд бæттæнтæ, ома: рæттæ, рагъбæттæнтæ, гузитæ æмæ афтæ дарддæр. Æртæйы фæлыст гузйтæ, аргъæуттаг рæсугъд фидауынц хотыхты хæцæнтыл. Алтæмæны хæрзконд гузитæ, арфхъуыдыджын нывти- мæ. Г а м л е т. Цы хоныс гузитæ та? Г о р а ц и (сусæгæй), Æз æй зыдтон, ам дæ бафæрсын кæй бахъæудзæ- нис. О з р и к. Гузи, — сэр, уый рагъылдаргæ рон у. Г а м л е т. Уыцы дзырд йæ бынаты хуыздæр фидауид, мах кæрдты бæсты сармадзантæ нæ фæдыл куы ласик- кам, уæд. Фæлæ уал ардыгз^й уæдмæ фод рагъылдар- гæ рон. Æниу, нæ хъуыддагмæ рахизæм. Гъемæ уæдæ, æхсæз араббаг бæхы æхсæз францаг карды ныхмæ. Æд бæттæнтæ æмæ æртæйы фæлыст та — гузитæ арф- хъуыдыджын нывтимæ. Æмæ сæ хæснаг цæй фæдыл æрæвæрдтой? О з р и к. Къарол афтæ зæгъы, сэр, Лаэрт, дам, демæ дыууа- дæс хæсты куы ракæна, уæд дзы æртæйæ фылдæр нæ рамбулдзæнис. Уый уадидæгæн сбæрæг уаид, дæ уæз- дандзинад дзуапп куы саккаг кæнид, уæд. Бацæуы ло р д. Л ор д. Йæ иууыл бæрзонддзинад къарол дæм салæмттимæ æрбарвыста цæрæццаг Озричы æмæ уый радзырдта, кæй йæм кæсыс æнхъæлмæ залы. Къаролы фæнды 381
базонын, хъавыс ма Лаэртимæ хæцынмæ, æви дæ фæндон аивтай? Г а м л е т. Æз мае фæндтæ ивгæ нæ фæкæнын. Уыдон къаро- лы бæллицтæм арæзт сты. Æрмæст уый бафæндæд, æндæр æз хæсджынæй нæ баззайдзынæн. Ныр уа æви фæстæдæр — уæлдай мын нæу, æз цæттæ дæн. Лорд. Уæдæ къарол, ус-паддзах æмæ иннæтæ ацы са- хат æрхиздзысты ардæм. Г а мл ет. Фæндараст. Л ор д. Ус-паддзахы фæнды, цæмæй хæцыны размæ ба- фидауай Лаэртимæ. Г а м л е т. Уый мæн ахуыр кæнынц хæрзæгъдауыл? Л о р д ацæуы. Г о р а ци. Дæ хæснаджы фембылд уыдзынæ, милорд. Г а м л ет. Не ’нхъæл дæн. Уый Францмæ куы ацыдис, уæдæй фæстæмæ’ æз æдзухдæр мæхи фæлтæрдтон. Ноджы мæ фарс хæснаг чи æвæры! Нæ, æз рамбулдзынæн. Фæлæ, æмбарыс, Гораци, мæ зæрдæ цавæрдæр æна- хуыр тыхст у. Уæвгæ уый ницуал давы. Г о р ац и. Нæ, уый ницы нæу, мæ дзæбæх принц! Г а м л ет. Иæ койы аккаг дæр нæу. Фæлæ уæддæр ахæм æв- зæр æнкъарæн у, æмæ сылгоймагæн йæ фæндон аи- вын кæнид. Г о р аци. Кэед дæ зæрдиагæй нæ фæнды, уæд байхъус дæ зæрдæмæ. Æз сæ размæ цæуын æмæ сын радзурдзы- нæн, дæ уагыл нæ дæ, зæгъгæ. Г а м л е т. Ницыхуызы. Лæг хъуамæ фидар уа гуырысхотæн. Алцæмæн дæр ж тæрхон хуыцауæй. Суанг хъæддаг цъиуы цардæн дæр. Кæд ныл исты æрцæуинаг у ныр- тæккæ, уæд мæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæудзæн, Кæд ныр нæ уа, уæддæр дзы искæд бон аирвæзæн нæй. Сæйрагдæр у — кæддæриддæр цæттæ уæвын. Иугæр 382
йæ мæлæты сахат ничи зоны, уæд æм адæймаг рага- дау йаехи цæуылнæ хъуамæ бацæттæ кæиа? Цы уа, уый уæд! Бацæуынц къарол, у с-паддзах, Ла э рт, Озрик, фæсдзæуинтæ щгæ æххуырстытæ -æд кæрдтæ. Къарол. Ныххæцут уал кæ^æдзи къухтыл, Гамлет. Лаэрты къух Гамлеты къухмæ ратты. Г а м л е т. Хатыр дæ курын, сэр. Нæ уыдтæн раст. Ныббар мын æй, уæздан лæгэу. Ам чи ис, Гъеуыдон зонынц, загътаиккой дын, Мæ хъуыдытæ куыд атар вæййынц хатгай. Цæмæйдæриддæр, бафхæрдтон æз дæу, Дæ ном, дæ намыс,—баууæнд мьтл,— уым аххос Мæ зæрдæ нæ — мæ низ уыдис æрмæст. Уым азым чи у? Гамлет? Нæ, нæу Гамлет. Кæд Гамлет зондæнкъуыст у æмæ уый Лаэрты бафхæрдта, уæд уыцы бафхæрд Иæу Гамлетæй, — уым Гамлет нæу зылын. Уæдæ кæй аххос уыди? Йе ’рра зонды. Кæд афтæ у, йæ рахиз къухæй уæд Йæ галиу къухы ралыг кодта Гамлет. Дæуæй æз курын ац’ адæмы раз’ Æмæ мæ сис фыдракæнæджы уайдзæф. Уадз, зоной йæ, кæй мæм нæ уыд фыдвæид. Рæдыдæй фехстон фат æмæ фæцæф ис Мæхи ’фсымæр. Л а э р т. - Мæ зæрдæйы сыгъди; Хæрамдзинад, фæлæ ныр уый ныосабыр. Хатыр дын уæд. Фæлæ мæ ном, — нæ, уым Æндæр закъон ис, уым мæ бон нæу барын, Тæрхоны лæгтæ цалынмæ бæстон Нæ равзарой, уæдмæ нæй фидыд не ’хсæн. Ныр та уал дын дæ фидыды дзырдæн Кæндзынæн аргъ æмæ уыдзынæн демæ> Æз дæр хæлар. Г а м л е т. Иттæг бузныг дæ дæн Æмæ хæцдзынæн, хи ’фсымæрау, демæ. Рапирæтæ нын раттут! 383
Л а э р т. Иу дзы — мæн. Г а м л е т. Дæуæн æз тынг хорз фесгуыхыны къай дæн,. Дæ дæсниад бæрæгдæрæй зындзæн Мæ фарсмæ ноджы. Л а эр т. Худыс мыл. Г а м л е т. Нæ, ник’æд, Хæрын дын ард. Къ а р о л. Рапирæтæ сын, Озрик! Ды, Гамлет, зоныс хæснаг? Г а м л е т. О, милорд, Æмæ дæ хæснаг лæмæгъдæры фарс у. Къ а р о л. Нæ загътай раст. Уæ дыууæйы дæр зонын. Уый цырд у тынг, ды та дæсны дæ тьшг. Л а э р т. Æндæр мын, ай æгæр уæззау у. Г а мл ет. Тæккæ Мæхи аккаг. — Æмдæргъæнтæ сты? О з р и к. О, Нæ дзæбæх принд. Сæхи бацæттæ кодтой хæцынмæ. Къ ар о л. Æриут ардæм нуазæн. Дыууæ цæфы куы фæкæна, стæй уæд Æртыккаг цæф куы акъуыра, уæд фехсуя Сармадзантæй нæ Гамлеты цытæн. Къарол йæ цæрæнбонты тыххæй нуаздзæн. Ныббардзынæн æз нуазæны иалхъуыт, Ам, Данийы цыппар къаролы худты Цы налхъуыт уыд, гъеуымæй дæр хуыздæр., Тагъд, дзаг нуазæнтæ! Уадз, нæра литаврæй Трубамæ, уымæй—сармадзантæм, ноджы Уæларвы онг, уæларвæй та—зæхмæ, Къарол кæй сиды Гамлеты цæрæнбон. 384
Тæрхоны лæгтæ, райдайæм, — кæсут Лæмбынæг. Г а м л е т. Хæц. Л а э р т. Хæцын. Гамлет, Цæф. Л а э р т. Нæ. Г а м л е т (тæрхоны лæгтæм). Уæ тæрхон! Оз р и к. Цæф уыди, цæф! Л а э р т. Ног райдайæм. Фæлæуут! Къ ар о л. Уый нуазгæ у. Дæ цæрæнбонтæ, Гамлет!' Налхъуыт дæу баци. Гъа, дæ нуазæн айс. Трубатæ æмæ сармадзаны хъæр æдде. Г а м л е т. Нæу нуæзтæн афон. — Райдайæм та. — Хъахъхъæн. Хæцынц. Цæф та. Нæу раст? Л а э 2 т. Цæф уыд, æцæг. Къ а р ол. Нæ фырт Кæны уæлахиз. Гертрудæ. Къухмæрзæн дын, Гамлет, Дæ цæсгом асæрф, уый куыд хид,кæныс? Æз, ус-паддзах, дæ уæлахизæн нуазын. Г а м л ет. Мæ зынаргъ мад. Къарол. Сæн ма баиаз, Гертрудæ! Гертрудæ. Нæ, ма мæ уром, нуазын фæнды мæн. 25 Шскспир 385
К ъ а р о л "(фæрсмæ). Марг, м’арг дзы уыд! йæ фервæзæн хос нал ис! Г а м лет. Мад, демæ нуазгæ нæу нырма мæнæн. Гертрудæ. Æри, дæ хид дын асæрфон, мæ хъæбул. Л а э р т. Кæс-ма, ныр дæ æз бакъуырон. Г а м л е т. Зынæй. Л а э р т (фæрсмæ). Нæ, ахæм цæф æдзæсгомыл нымад у. Гамлет. Æртыккаг хæст, — Лаэрт, æцæгæй хæц, Дæ хорзæхæй, цæвыныл тынгдæр архай. Тæрсын, нырмæ кæд хъазгæ кодтай ды. Л а э р т. Уæдæ хæц, гъа! Лаэ р т барæхойы Гам л ет ы, стæй, хæцгæйæ, сæ кæрдтæ аывынц æмæ Г а м л ет фæцæф кæны Л а э рты. Къа р о л. Ныууадзут! Уый хыл у! Г а м л ет. Иæ, ногæй та! Гертрудæ ахауы. О з р и к. Æххуыс æхсинæн, тагъддæр! Г о р ац и. Сæ туг кæлы! Кæцæй у туг, милорд? О з р и к. Кæцæй у туг, Лаэрт? Л а э р т. Ацц бахауд ахсты. Æвæрдтон æз кæлæнтæй, Озрик, хыз Æмæ йæ хуылфы бахаудтон мæхæдæг. Г а м л ет. Цы кодта ус-паддзах? Къарол. Чысыл фæсур, Туг фенгæйæ.
Нæ, раст нæ дзуры, Гамлет,—« Нозт, нозт! Марг рардæуыд мæнæн.—Хъæстæ! (Амæлы.) Г а м л е т. Фыдгæнæг не ’хсæн! Чи йæм уа фыдгæнæг? Уый аргæ у! Л а э рт. Фыдгæнæг дард ран нæй. Ды мард дæ ныр, дæ фервæзæн хос нал ис. Дæ цард ма у æрдæгсахат æрмæст. ;) Ам аххостæ дæ разы сты. Рапирæ Хъæстæ уыдис æмæ йæ бырынкъ — цыргъ. Æз фесæфтæн мæхи мæнгарддзинадæй. Фæмард дæ мад. Мæ хъару нал у ныр. Къарол, къарол! Æппæтæн аххос уый у! Г а м л е т. Раширæ — маргтылд, ау? Уæдæ цæугæ, Хъæстæ æндои, дæ хуыздæр хъуыддаг бакæн! (Ныррæхойы къаролы.) И у у ыл д æ р. Фыдгæнд æрцыд! Къа р о л. Æххуыс, хæлæрттæ, тагъд! Нырма ис фервæзæн. Æрмæст цæф фæдæн! Г а м л е т. Уæд баназ, гъа, лæджыфыдхор хæддзу, Дæ налхъуыт баназ сырх сæны! Мæ мадæн Цæугæ йæ фæдыл! (Къарол амæлы.) Л а э р т. Афтæ йын хъæуы. Уый сæныл марг йæхи къухæй ныккодта. Цæй, ныр, хæрзæгъдау Гамлет, æз дæуæн Ныббарон ам мæ фыды ’мæ мæхи туг, Ды та — мæнæн. (Амæлы.) Г а м л е т. Хуыцауæй дыи уæд барст. Феййафын дæ. Мæ цард фæуы, Гораци. 387
Хæрзбон, æнамонд ус-паддзах! Сымахл’а^. ; • Æнкъард-сæркъулæй ам лæуджытæ, ехх! — •I Рæстæг ма мын куы уаид ныр бæргэё, Фæлæ мæлæт æрбалæууыд мæ уæлхъус, Уый тагъд кæны,—уæд радзырдтаин æз... Цæй, афтæ фод, — мæ зынг хуыссы, Гораци. Цæрдзынæ ды, мæ хабæрттæ фæкæн Рæстдзинадæй æппæтæн. Г ор а и и. Уый нæ уыдзæн: Æз данийаг нæ дæн, æз ромаг дæи, — Ам баззад марг... Г а м л е т. Кæд ды лæг дæ, уæд нуазæн Æри мæнмæ. Æри — зæгъын. Мæ ном Цы худинаг, цы ’лгъыстаг уыдзæн сомбон, Мæ хабар раст куы нæ раргом уа, уæд! Нæ, кæд мæ уарзтай, уæд рæстæгмæ бабыхс,— Мæлæтмæ ма бæлл! Бафæраз нырма’ Зæххои зынтæн æмæ мæ хабар ракæн. Дардæй хъуы’сы марш æмæ сармадзанты хъæртæ Цымæ цы сармадзанты хъæр уа уый? О з р и к. Уæлахиз Англисы ’фсад раздæхт Полылæй, Салют дæтты æхсынæй Фортинбрас. Г а м л е ’т. ’ ■• Гораци, æз фæуынмæ хъавын. Марг мæ Къуьгрма кæиы. Зон, Англисæй мæ ныр Æгасæй нал æрбаййафдзысты цаутæ. Æз зонын раздæр: Фортинбрас цæудзæн Æвзæрст къаролэрй. Уый фарс у мæ хъæлæс. Фæпымай йын, цы ’рцыдис ам, цæмæн Æмæ кæй тыххæй. Дарддæр — сабыр, талынг. (Амæлы.) Г о р а ц и.« , Фæцис ыстæм лæг. — Хуысс, мæ дзæбæх принц. Хуысс сабыр, фод дæ рухс хъахъхъæнæг зæдтæ!—- Гуымсæг цæгъдгæ нæм чи ’рбацæуы уый? Бацæуынц Ф о ртинб р ас æмæ англисаг минæвæрттæ, барабанæй цæгъдгæ æмæ тырысатимæ. 388
Ф о р т и н б р а с. • ; • « Æнахуыр цау цы ран æрцыди? • ■ , •, ■ • ’ Г ор ац и. Цавæр? Зæрдæкæрзæн æвирхъау хабар? Ам. Ф о р т и н б р а с. Сыгъдис, бæлвырд, ам се’’вирхъау хæст монцтæи! Цы стыр хæрнæг дæ бахъуыдис, мæлæт, Кæд атыппæт бæрзонд адæмы иу бои - л Ныццагътай, уæд! Минæвар. Сæрыхъуын бады арц. Куыд байрæджы ис Англисæй хаст цаут?ав1 Фæмард къарол куыд цин кодтаид уый, Йæ дзырд æххæст кæй æрцыд — Розенкранц, Стæй Гильденстерн кæй фæхъуыдысты, ууыл. Нйр ма ныи бузныг чи зæгъдзæн? Г о р а ци. Уый — нал,— Æгасæй дæр%нæ загътаид уый бузныг. Сæ амарын сын,никæд домдта уый. Фæлæ кæд иугæр туджы бæрæгбонмæ Æрбахæццæ стут Англис æмæ Польшæй, Уæд сисын кæнут а мæрдты бæрзонд Æз адæмы раз радзурон æргомæй, Цы ’рцыдис, уый. Зæгъдзынæн сын тæссаг, Æвирхъау æмæ тугкалæн хъуыддæгтæ, Мæнгард митыл æмæ рæдыд мæрдтыл^ Дыдзæсгомæй фыдгæнæгыл, уæ разы Æдзæм мæрдтæй кæмæ цы аххос уыд Æмæ цыхуызы байсæфтой кæрæдзи. Гъеуыдон уын фæнымайдзынæн æз. Фортинбрас’ Уæдæ йæм хъусæм. Арвитут нæ кадджын Бæрнон лæгтæм. Нæу хорзы бон мæ амонд. Мæ бар кæй цæуы ацы бæсты, уый » Зæгъдзынæн абон. Г о р а ци. Уый тыххæй дæр уын Зæгъон æз хъуамæ уыцы лæджы бардзырд, Кæй хъæлæсæй æвзæрст цæудзæн къарол. Фæлæ фæтындзæм, цалынмæ та маст Æидæр фыдтæ нæ сарæзта йæ тæвдыл. 389
Фортинбрас, Уæдæ уал сисæнт Гамлеты бæрзонд, Хæстон лæгау, нæ цьшпар капитаны. Æгас ма — уæд цы разагъды къарол’ Уыдаид цы! — Хæсгæут æй цытимæ, Цæгъдут æфсæддон музыкæ, куыд уой Уæздан æгъдæуттæ. Ацы мæрдты айсут: Хæстон быдыры фидауынц æрмæст, Лæгæн сæ ам æнкъард кæны йæ цæст. Къамандæ раттут сарамдзантæн! Мард ныгæныны марш. Ацæуынц, мæрдтæ хæсгæйæ, стæй ’фехъуысы сармаёзаны æхст\
АРХАЙДЖЫТÆ Кай Марци, стæй та Кай Марци Кориолан. домипи [ромæгты æфсæддонтæ волскты ныхмæ хæсты. Тит Ларцп ) Менени Агриппа, Кориоланы лымæн. юни рут \адæмон трибунтæ. Сицини Велут | Чысыл Марци, Кориоланы фырт. Тулл Авфиди, еолскты æфсадхон. Волскты æфсадхон, Авфидийы хæдивæг. Фыдвæндгæиджытæ, Авфидийы фæсдзæуинтæ, Иикаиор, ромаг. Адриап, волскаг. Горæтаг Анциумæй. Дыууæ волскаг хъалагъуры. Фæднсон. Волумни, Кориоланы мад. Виргили, Кориоланы ус. Валери, Виргилийы зонгæ чызг. Виргилийы лæггадгæнæг чызг. Ромаг æмæ волскаг сенатортæ, æлдæрттæ, хъахъхъæнджытæ, æф- сæддонтæ, горæтæгтæ, фæдисонтæ, Авфидийы фæсдзæуиюæ æмæ æндæр лæггадгæнджытæ. Архайды бынат — Ром æмæ йæ алфамбылай; Кориол æмæ йæ алфамбылай; Анциум.
1 СЦЕНÆ Ром. Уынг. , Бацæуынц сыстæг горæтæгтæ æд мæцъистæ, æд лæдзджытæ æмæ михтимæ. 1-аг горæтаг. Байхъусут мæм дарддæр цæуыны размæ! . С е г ас. Дзургæ, дзургæ, , < , 1-аг горæта’г. ’’ Стонг$е# цæрыны бæсты мæлæтмæ цæттæ стут? С ег а р. Цæттæ стæм, цæттæхтæм. 1-аг горæтаг. .. Уæдэе зондзыстут, адæмы цыфыддæр злаг кæй у Кай Марци? . ’ .. С ег а с. Зонæм, зонæм. Ьаг горæтаг. .. Уæдæ йæ амарæм, уый фæстæ хорæц аргъ нæхæ- дæг скæндзыстæм. Афтæ у нæ уынаффæ? Сегас. Цы бирæ йыл дзурæм — амарæм æй, æмæ фæуа. Цом, цом! 393
Иу лыхас, хæрзæджы горæтæгтæ... аг горæтаг. Хæрзæджытыл мах ничи нымайы: хорз хæзнатæ цыдæриддæр ис — æлдæрттæм сты. Махæн æфсисваг уаиккой, æрмæст сæ хъуыры чи нал фæцæуы, уыдон дæр. Сæ фынгтæй-иу нын фæлхортæ куы раттиккой, цалынмæ нæ бамбийынц, уæдмæ, уæддæр-иу сæ зæ- гъиккам, адæймаджы цæстæй нæм ракастысты, зæгъ- гæ. Фæлæ—кæм! — афтæ дзурынц, æнæуи дæр сын æгæр зынаргъ лæууæм. Нæ мæллæг стджытæ, нæ быз- гъуыртæ — уыдон с& хъæздыг цард æвдисæг сты. Цас мах фылдæр маст æвзарæм, уыйас уыдояæн хуыздæр. Нæ маст сæ райеæм ацы михтæй, цалынмæ нæхæдæг михтау нæ ныххус етæм. Ард хæрын, мæ маст мæ нæ дзурын кæны афтæ, фæлæ — ме ’стонг! аг горæтаг. Æмæ райдаинаг дæ Кай Марцийæ? аг горæтаг. Тæккæ дæр уымæй: уый адæмæн куыдзæй фыддæр У- аг горæтаг. Ферох уæ ис æви цы, цавæр хæрзиуджытæ йæм ис паддзахады раз? аг горæтаг. Æппындæр мæ нæ ферох сты. Æз ма дзы æппæл- гæ дæр кæнин, йæ фындз æгæр схъæлæй куы нæ хæс- сид, уæд. аг горæтаг. Нæ, багъæц. Дзур æнæхæрамæй, аг горæтаг. Æмæ, дын куы дзурын — цæмæйдæриддæр скад- джын ис, — йæ фындз схъæлæй хæссынæн сæ сарæзта. Уадз, фæлмæнзæрдæ уæдæгæндтæ æнхъæлой, зæгъгæ, уый архайдта фыдыбæсты пайдайæн. Æцæгæй та уый афтæ архайдта йæ мады пайдайæн; стæй йæ фырхъа- лæй дæр, хъалдзинад та йæм намысæй фылдæр ис. аг горæтаг. Йæ бон йæхи раивын кæй нæу, уый йын ды са- хъат хоныс. Фæлæ йæ кæрæф уæддæр нæ рахондзы- нæ? аг горæтаг. Уый бындз дæр нæ мары. Æндæр фаутæ йæм —
къубалмæ. Уыйбæрц фаутæ йæм ис— сæ нымайынæй бастаис. Хъæртæ фæссценæйæ. Цы хъæр, цы хъæлæба уа? Æвæццæгæн, Тибры фале дæр сыстадысты. Цы дзæнгæда цæгъдæм, цы са- фæм рæстæг? Капитолимæ! С е г а с. Цомут, цомут! 1-аг горæтаг. Сабыр. Чи ’рбацæуы ардæм? Бацæуы М енени Аг ригага. 2-аг горæтаг. Хæрзгæнæг Менени Агриппа — кæддæриддæр адæ- мы чи уарзта. Тæккæ дæр. 1-аг горæтаг. Уый æцæг у хæрзæгъдау. Гъе, иннæтæ дæр ахæм- тæ куы уаиккой! Менени. » Мæ бæстæгтæ, цы бафæнд кодтат уый? Мæцъистимæ кæдæм бырсут? Дзуапп раттут. 1-аг горæтаг. Цы бафæнд кодтам — сенат æй зондзæни, уым дыууæ къуырийы размæ хъуамæ бамбæрстаиккой, зон- дæй цы хъавæм, уый, абон та йæ фендзысты цæстæй. Уым афтæ дзурын уарзынц: тæф кæнынц адæм — дарддæр сæ бадæм! — Уадз æмæ базоной, махæй дард бирæ кæй нал фæбаддзысты. Менени. I Мæ хæлæрттæ, мæ кадджын хорз сыхæгтæ, Уæхи æцæгæй масты садзут? 1-аг горæтаг. Ныртæккæ дæр нæ къубæлттæм куы стæм. Мененй. Хæрын уын ард, æлдæрттæ уыл тыхджьш Мæт кæнынц. Хор зынаргъ у, æмæ стонгæй Тыхсут, фæлæ мæцъисæй арвмæ кæн Æртхъирæн, уый æдылы ми у, мæнæ Сымах сыстадау Ромы ныхмæ — уыЙ Тыхджын у,— кæд æрбалвасынмæ хъавут) Иæ рохтæ, уæд йæ идоны къæбæлтай Уый атондзæни. Уе ’стонг нæу сенатæй, Хуыцауæй у, æмæ уын къухтæй нæ —> 395
Уæ зонгуытæй — уæ фервæзæн/Фæлæ у& Фæхоны иу фыд ’Шшæмæ, фыддæрмæ; Егъау бæллæхмæ, — сау æлгъыст кæнут Æгас бæсты сæрхъуызæйтты, æдзух уыл Мæт чи кæны, уæ сæрыл чи хæцы. 1-аг горæтаг. Махыл кæнынц мæт? Дзыхъхъынног дйссаг! Æмæ сæ махырдæм фæкæсынмæ дæр куы нæ ’вдæлы. Сæ къутутæ хорæй тъæппытæ хауынц, мах та сыдæй ма- рынц æмæ закъонтæ уадзынц æфстаудæтджыты ных- мæ æфстаудæтджыты пайдайæн. Иу ахæм бон нæй, хорз закъон кæд нæ аивынц бонджынтæн хуыздæ- рæй; æрвылбон мысынц алы бардзырдтæ мæгуырты ’лвасынæн æмæ здухынæн. Хæст нæ куы нæ бахсына, уæд йын уыцы ми сæхæдæг бакæндзысты, гъе афтæ нæ уарзынц. Ме н ен и. > Йе басæттут, фыд-зæрдæтæ стут, ууыл, Йе стут сæрхъæнтæ. Хъусут-ма, æз уьш Зæронд æмбисонд радзурон, æниу æй Уæхæдæг зондзыстут, фæлæ бæззы Æмæ уæндын йæ радзурын. 1-аг горæтаг. Байхъусын хорз у! Æрмæст нын де ’мбисондæй нæ мæстджын былтæ асойджын кæндзынæ, уый ныфс дæ ма уæд. Менени. Лæгæн, дам, дын йæ гуыбыиы ныхмæ Йæ иннæ уæнгтæ сыстадысты — кодтой’ Æмхуызон хъазт: æгас хæринаг, дам, Ныхъуырыс ц’адау, рæстæг та æрвитыс Æгуыстæй æмæ зивæджы; уæд иннæ Цæуынц, кæсынц, æнкъарынц, æмæ буары Æп-пæт хъуыддаг æххæст кæнынц æмвæндæй, Æмхъаруйæ. Æмæ сын гуыбын загъта... 1-аг горæтаг. Зæгъ-ма йæ, зæгъ, цы дзуапп сын радта гуыбын? Менени. Зæгъдз’ыиæн и. Æлхыскъæй сыл пыххудти Уæд гуыбын арфæй — рæуджыты бынæй ■—* (Кæсут-ма: лæг йæ гуыбынæй канд дзургæ Нæ кæны, фæлæ худгæ дæр) æмæ Дзуапп радта буары змæитæг хæйттæн гуыбын,— 396
Хæлæг ын кодтой йе ’вæрæнтæм, расг Сенатортæ сымах хуызæы куыд не сты Æмæ сыл цъыф куыд калут, уыйау. 1-аг гЬ рæтаг. Хорз, Фæлæ уæддæр цы загъта гуыбын сæрæн, Нæ кады худ хæссæгæн, науæд дардмæ Уынаг цæстæн, нæ къах — бæхæн, кæнэа Иæ къух — хæцæгæн, не ’хсары зæрдæйæн, Нæ хъуыдыдзур æвзагæн æмæ буары Æппæт уæнгтæн æмæ йæ хæйттæн, кæд... М~е н ен и. Цы «кæд?» Мæ ныхас айстай, уæд дзур дарддæр. Цæй, цы? ..-.;,. , |{ 1-аг горæтаг. Кæд буары чъизикалæн уæрм Сæ сой æфтъæры уæнгтæн... М е н ен и. Дзур, дзур дарддæр. 1-аггорæтаг. Цы дзуапп сын ратдзæн иннæ уæнгтæн гуыбын Сæ уайдзæфтæм? М е н е н и. . Зæгъдзынæн уын æй æз, ■ Уæ бан быхсын кæд бауа, уæд, — æцæг уæм Быхсындзинад хъыбылы бæрц дæр нæй. 1 - а г горæтаг. • Æгæр нытътъанг дæ ныхас. Менени. Хъус, лымæн. Фæразондæр уыд зондджын гуыбын б^рæ Иæ фауджытæй æмæ -сын загъта уый: «Уæ ныхас раст у, ме ’муæнгон хæлæрттæ, Æхсæны хæлц, сымах кæмæй цæрут, Уый раздæр райсын æз, фæлæ уый афтæ Æмбæлы, уымæн æмæ буарæн æз Йæ къæбиц дæн, йæ дукани: æрвптьш Æнæхъæн буармæ тугдадзинты сой — Магъз — паддзахмæ, стæй галуаны зæрдæмæ, Нæ буары ставд æмæ лыстæг хæйттæм, Тыхджын хæцъæфтæй нарæг нуæрттæм — се ’ппæт Мæнæй хæссынц цæрынæн тых. Фæлæ, Мæ хорз хæлæрттæ, кæд уынгæ нæ кæнут... (1-аг горæтагæн.) 397
Æз нæ, фæлæ сын гуыбын загъта уый. 1 \а г г о р æ т а г. Хорз, хорз. Дзур дарддæр. М е н е н и. ’ Кæд уынгæ нæ кæнут, Куыд ахъаз дæн уæ алкæмæн дæр, уый, Уæддæр æй зонут, æз дæттын сымахæн Хуыздæр ыссад, мæхицæн та æрмæст Ныууадзын цъата. (1-аг горæтагæн.) Цæй, цы ма зæгъдзынæ? 1-аг горæтаг. Æвзæр дзуапп нæу. Æцæг, куыд у йæ хъуыды? Менени. 1 Сенат — уый зондджын гуыбын у, сымах та — Ызмæнтæг уæнгтæ. Уе ’гасыл дæр уый’ Куыд мæт кæны, куыд уæм зилы — æрмæст ын Гъеуыцы ми куы бамбариккат хорз, Уæд зониккат, æгас буары хæрзиуæг Сымахæй нæ, фæлæ кæй цæуы уымæй. Цы ма зæгъыс, æмбыд æнгуылдзты хистæр? 1 - а г горæтаг. 'Æз — хистæр æнгуылдз? Цæмæн мæ хоныс æнгуылдз- ты хистæр? М е н е н и. < Цæмæн, цæ, ды — сæ ныллæгдæр, сæ фыддæр,—, Йæ разæй цæуыс а уæлзондджын бунтæн;' Цæмæн, цæ, ды — тæппуд, æнæзонд куыдз, Тыхтонамæ бырсыс æппæтæй раздæр. Уæдæ цæттæ кæнут мæцъистæ, михтæ. Лæбурынц Роммæ бур уырытæ -- чидæр Кæндзæн хæрзсæфт. Бацæуы Ка й Марци. Салам, хæрзæгъдау Марци! М а рци. Иттæг бузныг. (Адæмы къордмæ.) Æнæнцой фос, цы хафут Ам уе ’взæгтæ уæ фыдвæндтыл, уæхицæн Цæмæн кæнут хæлмæгтæ?
1-аг горæтаг. О, дæумæ Уæздан ныхас цæттæ у алкæд махæн. М а рци. Уæздан ныхас дæуæн зæгъдзæн æрмæст Козбау цъаммар. (Адæмы къордмæ.) Цы уæ хъæуы, куйтæ, Хæцыны знæгтæ, фидыды фыдгултæ? Тæппуд — хæсты бон, фидыды — налат. Чысыл уыл баууæнд — рувас æмæ стайæ’ Уæд фестут хъаз æмæ тæрхъус, зьшджытæ Куыд фидар лæууынц ихыл, кæнæ их Куыд сахъ у хурмæ, афтæ стут сымах дæр. Æфхæринаг фыдгæнæг уæм у зæд, Æфхæрæг раст закъоныл та цъыф калут. Цы лæг уа кадджын, уымæ стут хæрам. Уæ бæллицтæ — сæнтдзæфты сæнттæ: бар’уын Кæм нæ уа, уым æлдар кæнут уæхи. Сымах æххуысæц агурæг йæ хурхьш Ызды ауындзы, ленкгæигæйæ,—тулдз Хæтæлæй калы; чи уыл æууæнды, Сæрхъæн у уый: уæ фæнд минутмæ ивут, Тæккæ знон уе ’знаг чи уыд, стаут уый; Цъыф калут абон уе зноны лымæныл! Цæмæн фаут уæздан сенаты? Уымæн Æмæ хуыцауæй нал тæрсут—кæрæдзи Куы бахсыниккат уæд. (Мененимæ.) Цы сæ хъæуы? М е н е н и. Аслам аргъ хорæн. Уыдон афтæ дзурынц, Нæ горæты, дам, ис æвæрд хор. М а рци. Дзурынц? — Цъыфхортæ! Пецтыл тарф фынæй кæнут,— Уæд зондзыстут — цы кусы Капитоли: Чи схицау уым, йе чи сбонджьш, цæдис Кæимæ чи у, чи фæмард и хæсты, Ус чи ’рхаста! Сымах зæрдæтæм уый Цæуы æрмæст, кæй бахæрат, картофау; 399
Кæй нæ уарзат, уый цъыфы бын кæнут.--— Уæдæ æвæрд хор ис, зæгъынц? — Сенат уыл Куы нæ хæцид, мæнæн куы уаид бар —^ Бæргæ уæ мæрдтæй самаин обæуттæ Мæ кардæй ам. М е н е н и. Æгъгъæд сæм кæн мæсты. Сæ дзæгъæлдзыхтæ сæхгæдтой: фыццаг Къæйных вæййынц, фæлæ — бынтон тæппудтæ. Хæлиу кæнынц. Фæлæ-ма зæгъ, цы бацй Сæ иннæ къорд та? М а рци. Ахæлиу ис уый дæр. Хъæр кодтой исдуг, цагъды фæуой, цъиахтау: Сыдæй мæлæм, æххормагæй куыдз дæр Нæ фæразы; æнæхæринаг дур дæр Нæ быхсы; хойраг бамбийын кæн — уый Тæригъæд у; хуыцæутты сфæлдыст хойраг! Канд бонджынты нæ хъæуы! — Æмæ цас Фæхъаст кодтой гуылæвзагæй! Æрцæудзæн Уæ курдиат æххæст, зæгъгæ, сын ныфс Куы бавæрдтам, — æниу уæздан лæг ахæм Къæйных фæндон æххæст кæны, кæнæ( Сенат æрратæм хъусы! — уæд æппæрсто-й Хæрдмæ сæ худтæ фырцинæй, цыма сæ Мæйы сыкъайыл ауыгътой. М е н е н и. Уæддæр сын Зæрдæ цæмæйты бавæрдтат? М а рци. Цæмæй сын Сæ чъизи фæндтæ хъахъхъæной — æвзæрст Цæудзæн сæ номæй фолдз лæджы тæрхонæн: Æрыгон Брут,>Сицини Велут... Нал сæ Хъуыды кæнын... Быныскъуыд фолт!—сæ сæрыл Куы систаиккой талынг адæм Ром, Уæддæр разы æз не ’суыдаин семæ. Ныр азæй азмæ уый кæндзæн тыхджын. Цæсгом ын нал уыдзæни, Менени. Диссаг, диссаг! М а рци. (Адæммæ.) 400
Уæ хæдзæрттæм цæугæ, цъыфхортæ, тагъд! Бауайы ф æд исон. Ф æ д и с о н. Кæм и Кай Марци? М а рци. Уый æз дæн. Цы ’рцыди? Ф æ д и с о н. Хабар æрхастон: сыстадысты волсктæ. М а рци. Уый хорз у: хæст фæласдзæн рыгтæ Ромæй... Æрбацæуынц сенатортæ. Бацæуынц Ко м ини, Т ит Ларци æмæ* иннæ с е наторт æ, æрыгон Брут æмæ Сицини Велут. 1 - а г с е н ато р. Ды раст Фæдзæхстай, Марци: сыстадысты волсктæ. М а рци. Сæ фæтæг — Тулл Авфиди, уый уын ныр Хъыцъыдон .дардзæн. Тынг .ныфсхаст у; Марци Нæ фæдæн, зæгъгæ, уæд æрмæст уыдаин Азфиди Тулл. К о м и н и. О, уыд хæстытæ уе ’хсæн. Марци. Дыууæ хайæ фæныхæй-ныхмæ дуне> Æмæ сæ иуы Туллимæ фæдæн —• Йæ ныхмæ схæцин. Уый домбай у. Цуан Кæнин йæ фæдыл. 1 - а г с е н ато р. Гъемæ хорз. Ды, Марци, Коминиимæ — не ’фсадæн сæ раздзог. ■ ’Комини. Æххуысæй мын æвæрдтай ныфс. М а р ци. Разы. Мæ дзырд нæ ивын. Туллимæ та ног Мæн фендзынæ ныхæй-лыхмæ, Тит Ларци. Куыд? Бастадтæ? Дæ хæдзары лæууыс? Ларци. Нæ, Марци, æз лæдзæгæнцой куы лæууин, Уæддæр дьгн ам нæ фæлæууин — хæциц’ Мæ лæдзджытæй. 26 Шекспир 401
Ма р ци. О сахъ зæрдæйы туг! 1 - а г с е н а т о р. Цом Капитолимæ — кæсынц æнхъæлмæ Уым не ’мбæлттæ. Л а р ци. Цу разæй ды, Комини. Мах та — дæ фæдыл, — бартæм гæсгæ махæй Ды раззаг дæ. Комини. Уæздан, хъæбатыр Ларци! 1-аг сенатор. (горæтæгтæм.) Уæ хæдзæрттæм! Л а р ци. Нæ, акæнæм сæ немæ: Ис волсктæм хор, мах бауадздзыстæм уым>æ Нæ уырыты... (къордмæ.) О змæнтджытæ, кæд уыйбæрц Уæйгуытæ стут, уæд, курын уæ — нæ фæдыл. Сенатортæ, Комини, Марци, Ларци æмæ Менени ацæуынц. Горæтæгтæ сабыргай сæхи бамбæхсынц. С и ци ни. Цымæ зæххыл æнæрвæссондæр уаид Кай Марцийæ? Бр у т. Нæ, дыккаг ахæм нæй. С и ц и ни. Тæрхо-ны лæгтæй мах куы ’взæрстой адæм... Брут. Куыд, сырддзаст уыд? С и ц и ни. Æниу куыд æлгъыста! Брут. Мæстыйæ стыр хуыцауы дæр æлгъиты. Сицини. Куыд фелгъиты! Ныссырх æм вæййы мæй дæр. Бр у т. Дзыхъмард фод хæсты. Йе ’хсары фæрцы
Æгæр ысхъал и„ С и ци ни. Йе ’нтыстытæй расыг Куы вæййы, у,æд йæхи аууоныл дæр Фæцæуы къахæй. Фæлæ, диссаг, ахæм\ Æгæрон хъал куыд бацыди йæ дæлбар Коминийæн? Б р у т;( Цы кад ын и, стæй ноджы... Кæй райсдзæн, уый фæфылдæр уыдзæн бирæ, Дыккаг бынат куы ’рцахса ’фсады, уæд. Рæдыд æрцыд, уæд хистæр . дæтдзæн дзуашт дæр. Куыдфæнды басгуыхæд, уæддæр ыл хахуыр Хъым-хъым кæнид: «Ехх, а хъуыддаг, бæргæ, Куы кодтаид Кай Марци!»... С и ц и н и. Фæлæ фесгуыхт — Коминийæн йæ кой нæ уаид уæд, Фæуаид намыс Марцийы. Бру т. Комини Æмбисыл уары йемæ кад, кæд Марци^ Нæу уый аккаг, уæддæр; æмæ Комини Куы фæрæдийа хæцæны, уæддæр Уый Марцийæн у кады хос. Си ци н и. Цом фенæм, Сæхи куыд цæттæ кæнынц, æмæ Марци, Тæссаг сæрхъæн, куыд рæвдз кæны йæхи Хæстон бырстмæ. Бру т. Цом. Ацæуынц. 2СЦЕНÆ Кориол. Сенат. Бацзгуынц Тулл Авфиди æмæ сенатортæ. 1-аг сенатор, Уæдæ, Авфиди, афтæ ’нхъæлыс ды, Æмæ нын Ромы базыдтой нæ фæндтæ, Нæ хъуыддæгтæ? Ав ф и ди. Куыд æнхъæлыс ды та? 403
Нæ фæндон искуы сæххæст кодтам, Ром æй Нæма базыдта, афтæмæй? Æрæджы Фыстæг æз райстон уырдыгæй. Фыссынц мæм... Фæлæ цымæ цы фæци фыстæг?.. Мæнæ: (Кæсы.) «Æфсад æмбырд у, фæлæ ничи зоны, Ныгуылæнмæ, йе Скæсæнмæ сæ ’рвитой. Хор тынг зынаргъ у, сау адæм ызмæнтынц; Комини, де знаг Марци (Ромы уымæй Цæстысындздæр нæй адæймаг) æмæ Нæ ромæгты хъæбатырдæр Тит Ларци Кæйдæр ныхмæ цæттæ кæнынц ныббырст, Æз куыд æнхъæлын, афтæмæй — дæ ныхмæ. Цæттæ сæм у!» 1 - а г сенатор. Фод, быдыры’ис не ’фсад. Æмбæрстам мах, ныхкъуырд дæттынмæ Ром; Цæттæ кæй у. А в ф и д и’. Сымах фæдардтат сусæг Уæ диссаджы хæстон ныббырсты фæнд, Цæмæй рæгъæдæй райгуырдаид хæсты, Фæлæ уый Ромæн рагацау зынд у. Нæ фæнд æргом у. Къорд горæты райсын Æнæ хæцгæ нæ бауыдзæн нæ бон,—/ Цæттæ у Ром. 2-аггорæтаг. Хæларзæрдæ Авфиди, Цу не ’фсадмæ, ныллæуу сын раздзог, мах та Ам Кориолы хъахъхъæндзыстæм. Кæд Фыдгул æртыхса горæтыл — æххуысмæ Зындзынæ ды, фæлæ, цыма, цæттæ Нæма уыдзысты ромæгтæ. А в ф и д и. Нæ, рагæй Цæттæ сты уыдо«, канд цæттæ та циу! —’ Æрбабырсы нæм се ’фсадæн йæ иу хай. Хæрэбон, уæздæттæ. Кæд лæгæй-лæгмæ Кай Марциимæ фембæлон — .нæ иуæн Мæлгæ уыдзæнис — ард бахордтам ууыл. Иуу ы л д æ р. Хуыцæуттæ дын ахъазгæнæг уæнт хæсты! Ав ф и ди. Сымахæн дæр. 404
1 - а г сенатор. Фæндараст у! И ууы л д æр. Фæндараст! Ацæуынц, 3 СЦЕНÆ Ром. Уат Марцийы хæдзары. Бацæуынц Во лу мни æмæ Виргили, æрбадынц ныллæг бандæттыл æмæ^хуййынц. В о л у м н и. Дæхорзæхæй, мæ чызг, >исты азар æмæ хъæлдзæг- дæр у. Марци мæ мой куы уаид, уæд хуыссæнуаты йæ мондаг хъæбысæй тынгдæр цин кæник — мæ цуры куы нæ вæййы æмæ хæсты йæхицæн кад куы . фæкæны, ууыл! Суанг ма мын иунæг æмæ мæллæг сывæллон куы уыди, йæ сабион рæсугъдæй тæмæнтæ куы калд- та, — уыцы кары та иунæг мад дæр сахатмæ дæр нæ ауадздзæни йæ цурæй йæ хъæбулы, фæнды йын дунейы паддзæхтæ лæгъстæ кæнæнт, — уæддæр зыд- тон, мæ лæппу кады хъуыддæгтæн кæй райгуырди, æмæ стыр намысмæ куы нæ тырна, уæд къулыл ауыгъд нывæй уæлдай кæй .ницы уыдзæн; æмæ йын æз дæр бар лæвæрдтон тæссаг хъуыддæгты цæуынæн— кад агурынæн. Арвыстон æй карз хæстмæ æмæ дзы раздæхтц—йæ сæрыл тулдзы сыфтæртæй быд худимæ. Баууæнд, мæ чызг, лæггаг куы ныййардтон,- уымæй, йæхи саглæгæй куы равдыста, уæд фылдæр фæцин кодтон. Виргили. Æмæ хæсты куы фæмард уыдаид, уæд та? В о л у м ни. Уæд мын хъæбулы бæсты уыдаид йе стыр кад, æмæ уый баззадаид быцдарæн. Раст дын зæгъын: дыууадæс фырты мын ис, зæгъга?, æмæ сегасы дæр уарзын нæ кадджын Марцийы хуызæн тынг, уæд ба- быхсин иуæндæсы хъæбатыр мæлæтыл дыууадæсæмы —тæппуд магусайы бæсты. Бацæуы лæггадгæнæг. Лæггадгæнæг. Уæ фенын фæнды уæздан Валерийы. 405
Виргили (Волумнийæн). Бар мын ратт ацæуынæн. В о л у м ни. Нæ, баззай ам. Мæ дыууæ цæстæй рагацау уынын, Куыд фæласы Авфиди,йы дæ лæг Йæ сæрыхъуынтæй барабанты цагъдмæ, Куыд суры волскты, уыдон дзы куыд лидзынц, Раст, сабитæ куыд лидзой арсæй, афтæ, Æмæ куыд дзуры салдæттæм хъæрæй: «Тæппудтæ, размæ, чи райгуырди Ромы, Уый нæу тæрхъус!» — æмæ йæ ныхæй туг Сæрфы йæ къухæй, раст цыма цæвæгæй Кæрдæг ка^рды — фæйнæрдæм хауынц волсктæ Йæ карды раз. В и р гил и. Иæ ныхæй туг? Хуыцау! В о л у м н и. Ныхъхъус у, зоэдцух! Сахъ хæстоны туг’ Сызгъæр’инау æрттивы; уæд йæ ных та —* Данайты цæгъдæг Гекторы ныййарæг Гекубæйы урс-урсид риуау — ирд. (Лæггадгæнæгæн.) Цæугæ, зæгъ ын, йæ фенынмæ цæттæ стæм. Лæггадгæнæг ацæуы, В и р ги л и. О стыр хуыцау, мæ лæджы бахиз ды Тæссаг Авфидийæ. В о л у м н и. Кæс-ма-иу: Марци Ныббырсдзæн уый, æрлæудзæн ын йæ риуыл. Бацæуы В але ри лæггад г æ нæ г æмæ дуаргæсимæ* В а л е р и. Уæ бон хорз, мæ дзæбæх хицæ) ттæ. В о л у м н и. Мæ дзæбæх Валери! В и р ги л и. Æхсызгон мын у дæ фенын. В а л е р и. Æнæниз стут? Кæд уæ не ’вдæлы? Цы бийут уый? Диссаджы рæсугъд! (Виргилийæн.) Дæ хъæбул та куыд у? В и р ги л и. Бузныг, дзæбæх у. 406*
В о л у м ни. . Ахуыр кæнынæй йæм кардæй хъазын æмæ бара- банмæ хъусын хуыздæр кæсы. В а л е р и. Уæдæ уый у йæ фыды халдих. Ард хæрын, сахъ- гуырд у. Æцæг зæгъын, æртыццæджы йæм сахаты бæрц фæкастæн: ахæм хивæнд у! Зæрингъуыз гæлæбу- йыл бафтыдис: æрцахсы æмæ та йæ ауадзы, стæй та ног йæ фæдыл:æрцахсы ,æмæ та йæ ауадзы. Иу хатт та кæлгæ фæкодта æмæ смæсты ис, — йæ дæндæгтæ къæс-къæсгæнгæ нылвæста — мæнæ афтæ! — æмæ аскъуыдтæ кодта гæлæбуйы. Ах, куы федтаиккат, уый йæ куыд скъуыдта! В о л у м н и. Раст йæ фыд, уый дæр мæстыйæ ахæм у! В а л е ри. Æцæг у диссаджы сывæллон. В и р г и л и. Æрмæст æгæр фыдуаг у. В а л е р и, -Хъусыс, ныууадз-ма дæ бийын. Цом нæхи аирхæф- сæм иучысыл. Виргили. Нæ, мæ ахсджиаг Валери, æз нæ ацæудзынæн хæ- дзарæй. В а л е ри. Нæ ацæудзынæ? В о л у м ни. Ацæудзæн, ацæудзæн. В и р ги л и. Нæ, нæ, ма мæм хат. Цалынмæ мæ мой хæстæй раздæха, уæдмæ къæсæры сæрты мæ къах дæр нæ айсдзынæн. В а л е ри. Ныууадз-ма, цæй. Æрвылбон хæдзары бад — уый æдылы ми у. Цом. Нæ дзæбæх сыхаг усы уæд- дæр абæрæг кæнæм, йæ тæккæ арыныл куы у. . В ир ги л и. Мæ цæст ын уарзы тагъддæр’ адзæбæх æмæ уымæ кувгæ дæр кæндзынæн, фæлæ йæм бацæуын мæ бон нæу. В о л у м ни. Цæуылнæ, дæ хатырæй? 407
Виргили. Бауырнæд уæ, зивæджы кæнæ йæ лæ уарз^н, уы- мæн нæ. В а л е ри. Ды, æвæццæгæн, дæхицæй дыккаг Пенелопæ кæ- ныс. Фæлæ, куыд дзурынц, афтæмæй, дам-иу, Улис- сы раздæхынмæ цы тын бауæфта, уымæй Итакæйыл рæмпæг æфтыди! Хъыгагæн, дæ къухау, дæ тынæй туг нæ цæуы: цы йæ хуынчъытæ кæныс цъæгъæдзæй? Цом-ма. Æнæ рацæугæ дьж нæй немæ. В и р ги л и. Нæ, мæ зæрдæ Валери, бахатыр кæн, фæлæ мын нæй цæуæн. В а л е ри. Гъеуæддæр дын æдз<æугæ нæй: мæнмæ хорз ха- бæрттæ ис дæ лæгæй. В и р ги л и. Ах, ма дзур! Уыдон куы нæма æрбахæццæ сты. В а л е ри. Хъазгæ нæ — æз æцæг зæгъын. Дысон дзы хабар æрцыди. В и р ги л и. Æцæг зæгъыс? В а л е ри. Иттæг раст; иу сенатор дзырдта мæхи цур. Волск- тæ æрбабырстой, сæ ныхмæ æрлæууыди раздзог Ко- мини не ’фсады иу хаимæ, дæ лæг Тит Ларци уæд , Кориолыл æртыхсти. Сæ уæлахизыл æмæ хæст тагъд кæй фæуыдзæн, ууыл дызæрдыг не сты. Ард дын хæ- ^ рын, уый æцæг у. Цæй куыд, гъеныр цæуыс немæ? В и р ги л и. Мæнæ хæст фæуыдзæн, æмæ уæд æрмæст дæумæ* хъусдзынæн, ныр та уал мын бахатыр кæн, мæ зы- наргъ. В о л у м н и. Фæлтау æй ныууадз, мæ ахсджиаг, науæд нын абон нæхиуыл дæр æнкъард бафтаудзæни. В а л е ри, Æцæг, мæхимæ дæр афтæ кæсы.—Хæрзбон, мæ ахсджиаг. — Цом, уæздан Волумни. — Дæ хорзæхæй, Виргили, ныууадз дæ фырнымд митæ æмæ цом немæ. В и р г и л и. Нæ, баууæнд мыл, нæй мын ацæуæн. Мæ цæст уын уарзы рæстæг хъæлдзæгæй арвитын.
В а л е р и. Цæй, уæдæ хорз байрай. Ацæуынц. 4 СЦЕНÆ Кориолы къулрæбынты. Бацæуынц барабантимæ æмæ тырысатимæ М а р ци} Т ит Л ар ци, æф с æ д д о нтæ. Сæ ныхмæ — ф æ д исон. Ма р ци. Ис ног хабар. Хæрын дын ард: уыд хæст. Л а р ц и. Нæма уыдис. Æвæрын бæх. Мар ци. Æз дæр. Л а р ц и. Æри. М а р ц и (фæдисонæн). Зæгъ-ма, нæ фæтæг бацыд хæсты?. Фæд и с о н. Хæцынæввонгæй ма кæсынц æнхъæлмæ. Л а р ц и. Дæ бæх мæн у! М а р ц и. Рæхджы уыдзæн мæхи. Л а р ц и. Нал антысдзæн уæйæн æмæ лæварæн, Фæлæ дын æй фæндзай азмæ дæттын. Хæст райдайæм. М а р ц и (фæдисонæн). Æф<сад кæм ис? * ; Ф æ д и с о н. Хæрз æввахс. Марци. Уæдæ сæм хъуысдзæн не ’фсæддон хъæр, хъуысдзæн Нæхимæ дæр сæ хæстон хъæр — О Марс, Уæлахиз тагъддæр ратт, æмæ ма’фæздæг’ Нæ хотыхты дзыхæй куыд кæла, афтæ! Фæкæсæм не ’ннæ 'ф<садмæ. — Гъей, цæгъдгæут! Трубатæ цæгъдынц. Къултыл фæзынынц дыууæ сенаторы æмæ æфсæддонтæ. '7 Зæгъут-ма, горæты ис Тулл Авфиди’? 409
Нæй ничи уым, дæуæй чи тæрса, ахæм. Авфиди дæу æрдумæ дæр нæ дары. Горæтæй хъуысы барабанты цæгъдын. Хъусут? Уый махмæ сидынц барабантæ—’ Хæцынмæ. К/ьултæ фехалдзыстæм мах, Цæйнæфæлтау æмбæхстæй уæм сæ фæстæ. Нæ горæты дуар сæхгæдтам хæтæлтæй! Æфсонæн, байгом æй кæндзыстæм ног. Хъуысы хæцыны уынæр. Гъе, хъусут? Уый дæрæн кæны Авфиди Уæ пырх æфсады. Марци. Уым хæцынц. Л а р ц и. Сæ хæсты Уынæр — нысан у.— Ардæм асин, тагъд! Фæзынынц хъуызгæрабырсæг волсктæ. Марци. Бырсынц æддæмæ; уæдæ сæ ныфс бацыд. Æмбæрзут зæрдæ уартæй, фæлæ зæрдæ Уæд уартæй фидардæр! — Тит Ларци, размæ! Æдæрсгæ нæм фыдгул уæнды кæсын. Мæ маст фыцы. — Хæлæрттæ, рæвдз лæуут! Чи фенкъуыса, уый бахынцдзынæн волсктыл Æмæ мæ кардæй тар кæндзæн йæ цард. Хæст. Ромæгтæ лидзынц. 0 сыскъуына уæ хуссайраг фыдрын, ф Йæ митæй Ром æгадгæнæг тæшудтæ! 1 Хæфсынкъ æмæ уыл дудгæ хæлмаг бафтой, Æмбæлæг уæ йæхи куыд ласа дард. Уæ тæфæй-иу хуыдуг куыд кæна верстмæ, Куыд æфтауат уæ кæрæдЗ’ИЙыл низ!1 Уындæй — лæгтæ, лæгдзинадмæ та — хъазтæ; Куыд ралыгъдыстут маймулитæй дæр; Æдыхдæр уæвæг сау цагъарты разæй? Зындон! Цæфтæ чъылдымтæй стут æрмæст, Уæ ных — фæлурс, цыма-тæфсæгæй ризут. Фæстæмæ тагъд! Йе — ард хæрын уæларвтæй!— Фыдгулты нал, фæлæ сымах цæгъдын! 410
Мæ фæдыл! Раст сæ батæрæм сæ сылтæм, х Нæхй нын дзыхъхъытæм куыд сырдтой, афтæ. Хæст та ногæй ссыгъди. В олс ктæ лидзынц Кориолмæ. Мар ци сæ йæ разæй байсы суанг горæты дуармæ. Сæ дорттæ гом? Уый хорз у, уæдæ размæ! Хъысмæт æй махæн байгом кодта: ам’ Уæлахиз мах у. Уæдæ размæ мемæ! (Бабырсы горæтмæ.) 1-агæфсæддон. Æрра нæ дæн: нæ цæуын æз. 2-аг æфсæддон. Æз дæр. (Дуæрттæ бахгæдтой.) 1-аг æфсæддон. Æхгæнынц дуæрттæ! (Хæсты уынæр цæуы мидæгæй.) И у у ы л. Бабын уæдæ Марци! Бацæуы Тит Ларци. Л ар ц и. Цы фæци Марци? И у у ы л. Федтам æй: фæмард. 1-аг æфсæддон. Сырдта йæ разæй лидзджыты, сæ фæдыл* Фæмидæгдуар, цæхæркалгæ; æваст Дуар ахгæдтой. Ныр иунæгæй йæ ныхмæ Æгас горæт и. Л а р ц и. О хæстон хъæбатыр! Уыдтæ дæ царды де ’дзард кардæй бирæ Хъæбæрдæр ды, уый тасыди, ды — нæ. Фæхъуыди Марци! Алмаситы ирддæр, Дæхи йас уый куы уыдаид, уæддæр Дæуы йаргъ уый нæ уыдаид. Катонæц Йæ цæстытыл дæ хуызæн хæстон уад: Фыдгул дын канд дæ риуыгъдæй .нæ тарсти,—| Дæ уынд — тызмæг, æрвнæрынау — дæ хъæлæс, Рызти сæ знаг æмризæджы, цыма/ Тæфсти нæ дуне... Раздæхы Мар ци йæ туг кæлгæ, йæ фæдыл — знæ гтæ. 411
1-аг æфсæддон. Тит, кæс-ма! Л а р ц и. Нæ Марци! Цом — фервæза, кæнæ мæлгæ у йемæ! Хæцгæ бабырсынц горæтмæ. 5 СЦЕНÆ Уынг Кориолы. Бацæуынц ро маг цалдæрхæстоны стигъæггæгтæ 1 хæсгæиæ\ 1 - а г р о м а г. Адон хъуамæ ахæссон Роммæ. 2-аг ромаг. Æз та — адон. 3-аг ромаг. Æтт, хæрæг дыл амæлæд! Ацы къала кæд фен- хъæлдтон æвзист! Дардæй хъуысы хæцыны уынæр. Бацæуынц М ар ци æмæ Тит Ларци трубайæ цæгъд æгимæ. Ма р ци. Кæс-ма, хæцджытæ! Ихсыд суари сьнй Зынаргъдæр у рæстæгæй. Хæст нæ фæци, Æлгъаг цагъартæ афтæмæй хæссынщ Хæцъилтæ, базтæ, уидгуытæ — лæгмарæг Кæй баныгæнид сау сыджыты арф Сæ хæсджытимæ. — Цъаммæрттæ цæгъдгæ сты! — Нæ хъусыс карз хæсты уынæр? Ныр уым) Хæцы нæ фæтæг, — уырдæм тагъд! Æргæвды; Уым ромæгты Авфиди. — ’Хсарджын Ларци, Айс иу къорд, горæт хъахъхъæныны фаг, Ныфсхастдæр чи у, уыдон та — мæ фæдыл, Коминийæн æххуыс кæнынмæ цом. Л а р ци. Цытджын хæлап, дæ туг лæсæнтæй уайы. Дæ хæстон бабырст ахæм зын уыди—• Æмæ та ног хæцынмæ? Нæ. Ма р ци. Цæй, ма ’ппæл, Мæ туг æххæст тæвддæр нæма сси.- Туг мæ: Куы рацæуы, уæд мын хуыздæр у ноджы, 412
..Тавссаг мын нæу. Авфидимæ цæуын Раст афтæмæй, æз хъуамæ ехæцон йемæ. Хæрзбон. Л ар ци. Рæсугъд хуыцау Фортунæ фод Дæ хæрзгæнæг, фыдгултæн та сæ кæрдтæ Иæ кæлæнтæй ныцъцъулатæ кæнæд! Хъæбатыр гуырд, дæ фарс лæууæд уæлахиз. Ма р ци. Дæхицæн дæр æххуыс кæнæд хуыцау. Хæрзбон! Л а р ц и. О Марци, кадджынтæн сæ хуыздæр!* Мар ци ацæуы. Цæугæ, ды та фæхабар кæн— æрцæуæнт! Æгас горæты хицæуттæ, цæмæй Зæгъон мæ фæндон уыдонæн. Цæугæ! Ацæуынц. 6 СЦЕНÆ Коминийы лагеры цур. Бацæуы Ко мини æфсадимæ фæстæмæ лидзгæ. Комини. Хæлæрттæ, аулæфут. А хæсты Сымах уыдыстут ромæгтæ: хæцгæйæ— Æуæлдай ми, зынвадаты — æдæреон. Рæхджы та ногæй абырсдзыстæм. Мах Куы хæцыдыстæм, дардæй нæм уæд хъуысти Нæхиуæтты хæстон хъæр.— Ромы зæдтæ, Уæлахиз раттут ам дæр æмæ уым дæр, Цæмæй, куы сиу уой не ’феæдтæ, нывонд уын Æрхæссой уæд. Бацæуы ф æ д и с он. Цы хабæрттæ ис н-ог? Ф æ д и с о н. Фыдгултæ хинæй рабырстой æддæмэе Тит Ларци æмæ Марцийы ныхмæ. Æз федтон: рассывтой нын не ’фсад æрхмæ, Æмæ фæцырд дæн ардæм.
Ко^мин и. , Фод рæстдзинад Дæ ныхæсты, — мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Цас рацыди уæдæй нырмæ? Фæдисон. [ Комини. Сахат. Сæ барабанты хъæр нæм хъуысы. Тынг дард Нæу ардыгæй: куыд æрæгмæ цыдтæ, Дæ хорзæхæй? Ф æ д и с о н. Бырстой нæ фæдыл волскаг Æфсæддонтæ æмæ зылдтæн дæрдтыл, Æндæр сахаты ’рдæгмæ ам уыдаин Æмæ дыл хабар сæмбæлдаид. Бацæуы М арци. К о м и н и. Чи нæм Æрбацæуы, йæ туджы мæцгæ, раст Цæрмыстыгъдау? О зæдтæ, мæнæ диссаг! Сыгъдæг Кай Марци! Ахæм хуызы ма Уый федтон иу хатт. Ма р ци. Ферæджы мын ис? Ко м и ни. Фæндыры хъæр фæуид æрвнæрдæй ивддзаг, Фæлæ зæххон хъæлæсты ’хсæн, Кай Марци>,— Бæрæг дæ хъæлæс. М а р ц и. Ферæджы мын, нæ? К о м и н и. Нæ, кæд дæхи туг нæ — фыдгулы туг дыл, Ныккалди, уæд. М а р ц и. Бар ратт æмæ дæ ам, Кæддæр, лæппуйæ уарзон ус куы ’рхастон, # Æмæ нæ сæрмæ рухс куы ссыгъди, уæд; Мæ бинонты куыд адджын хъæбыс кодтон, Раст афтæ дæу ныхъхъæбыс кæнон ныр. К о м и н и. Хæстонты намыс, уæд кæм -ис Ти’т Ларци?" М а р ц и. Уый Кориолы уагæвæрæг у:
\ \ К’æй .марын кæны, кæй æрвиты дардмæ, Кæмæн — ха1ыр, кæй та кæны тæрсын, Кæуыл æвæры ивар, æмæ горæт, Козбау куыдзау, йæ къæхты бын æрхауд, Нæ кадджын Ромы барвæндæй. Комини. Цы фæци, Уæлахиз уыл кæнынц — зæгъæг цагъар? Кæм и? Ныртæккæ ам куыд уа! М а р ц и. Ныууадз æй. Уый раст дзырдта. Хæцыдысты æрмæст Исбонджынтæ, хуымæтæг адæм та —»' Быныскъуыд ф’ой — фæлыгъдысты. Уæд ма. Куыд дæттынц ноджы уыдонæн трнбунтæ? Гæдыйæ мыст куыд лидза, уыйау уыцы Гæвзыкты къорд лыгъдис йæхицæй бчрæ Гæвзыкдæртæй. К о м и н и. Куыд фестут уæд уæлахиз? М а р ц и. Ныр уый æвзарæм ацы ран? Нæй фадат. Цы ран и знаг? Кæй къухы баззад хæцæн? Кæд не ’знаджы, цæуылнæ хæцут уæд? Комини. Æгæр нæ сæфти, радтон дзырд — фæстæмæ Куыд алæууæм, цæмæй фæуæм уæлахи’з’ Фæстагмæ мах. М а р ц и. Цы рæтты сты фыдгултæ? Кæмыты сты сæ тыхджындæр хæстонтæ? К о м и н и. Сæ раззаг бардз, æнхъæлдæн, — анцийæгтæ, — Се ’фсады магъз. Авфиди та сын у Фыдгулы ныфс. М а р ц и. Дæ хорзæхæй, нæ туГ Цы хæстыты фæкалдтам иумæ, ст,æй' Хæларадыл цы ард бахордтам, уыдон’ Дæ зæрдыл дар, мæн ауадз анцийæгтæм,— Авфидийы ныццæвон. Сæфы рæстæг! Фæцъортт кæнæм нæ цирхъытæ, нæ кæрдтæ Æмæ нæ амонд бавзарæм. 415
К о м ини. Бæргæ дæ Куы федтаин дæ хъæдгæмттæ сæрдгæ Мыдадзы хосæй, тагъд дын цæмæй слæгъз уой, Фæлæ дын ахæм курдиатмæ «нæ» Нæ зæгъдзынæн. Мæ равзаргæ хзестонтæй Хуыздæртæ айс. М а р ц и. Мæнимæ цæуæн ис, Æрмæст кæй фæнды, уыдонæн. (Æфсадмæ.) Кæд иу лæг Сымахæй ис, — кæй уæ уыдзæнис, ууыл< Æууæндын æз, — æкæ йæ кæд фæнды- Сырхахуырстæй мæ’цæсгом фенын хæсты, Кæд æм кæсы хуыздæр æгадæй кад, Æргъæвсынæй — хъæбатыр мæлæт, цардæй—! Фыдыбæстæ зынаргъдæр, — уадз уæд уый Хæрз иунæгæй, кæнæ та уый хуызæттæ Сæ кæрдтæ сдарой, зæгъгæ, стæм разы Дæ фæдыл, Марци. (Йæ кард сласы.) Хъæртæ. Мф с æд д о нтæ, сæ кæрдтæ тилгæ æмæ сæ худтæ хæрдмæ æппаргæ, сæ къухтыл сисынц Марцийы. Дард! Æз кард нæ дæн. Мæныл хæцын нæ хъæуы. Кæд уæхицæй Ам не ’ппæлут, уæд алчидæр сымахæй Цыппар ызнаджы басæтдзæн æмæ Авфидийæн йæхи ныхмæ æрлæудзæн Лæгæй-лæгмæ. Æз уе ’гасæй дæр бузныг, Фæлæ уæ бирæ не ’взарын, — уыдзæн Æндæр хæстыты иннæтæн хъуыддæгтæ, Хъысмæтмæ гæсгæ. Цом уæдæ! Цыпиарæй, Кæй фæнды, уыдон равзарут æмæ Цæугæ мæ фæдыл. К о м и н и. Размæ! Кæд цæттæ стут, Лæгтæй уæд хæсты равдисут уæхи Æмæ уыдзæни махæмсæр уæ намыс. 416 Ацæуынц.
7 СЦЕНÆ Кориолы дуары раз. Тит Л арци, горæт хъахъхъæнынæн бардз- ныууадзы, барабанты æмæ трубатыцагъдимæ фæцæуыæххуысмæ Комини æмæ Кай Марцийæн, йемæ — æфсæддонтæ æмæ фæндагамонæг. Йæ фæдыл цæуы æфсадхон. Л а р ц и (æфсадхонæн). Ам дорттæ хъахъхъæн æмæ мын мæ бардзырд Раст сæххæст кæн. Куы фæхабар кæнон, Уæд мын æххуыса^н де ’фсады хай рарвит, Сæ иннæ хаимæ та фидар лæуу, Куы фæсыкк уæм, ныууадздзыстæм уæд горæт. Æфсадхон. Цыдæриддæр зæгъай — дæ зæрдæ дар. Ларци. Куы ахизæм, уæд сæхгæнын кæн дорттæ! — * Цæй, разамонæг, ромæгтæм нæ хонгæ. Ацæуынц. 8 СЦЕНÆ Ромæгты æмæ волскты лагерты ’хсæн хæцæн быдыр. Хæсты уынæр. Бацæуынц дыууæрдыгрæй М ар ци æмæ А вфиди. М а р ц и. Хæцæм лæгæй-лæгмæ. Ды дæ цæстысындз, Мæ удхæссæг мæнæн. Ав ф и ди. Ды та — мæнæн. Дæ кад, дæ хæрам африкæйаг калмæй’ Æлгъагдæр хонын. Слас дæ кард!' М а р ц и. Фыццаг нæ Чи фестъæлфа, уый уæд цъаммар æмæ, Цагъар æнусмæ иннæмæн! Авфиди. Дæуæи Куы алидзон, уæд-иу мыл куиты сардау. М а р ц и. Тулл, бабырстон æртæ сахаты размæ 27 Шекспир 417
Æз Кориолмæ, хорз куыста мæ кард. Уыныс: мæхи туг не ’сты адон. А в ф и д и. Гектор Куы фестис ды, куы тæхис маргъау тагъд, — Уæддæр дын нал ис ирвæзæн мæ кардæй. Хæцынц. Ц алд æ р во лс кы бабырсынц А в фид ийæ н æххуысмæ. Марци сæ йæ разæй ассæнды. - Козбау тæппудтæ! Уе ’ххуысæй æрмæст Æгад кæнын. Æлгъаг æвд^утæ, иуварс! Хæ^гæ фæаууон вæййынц. 9 СЦЕНÆ Хæсты хъæр. Трубатæ ’цæгъдынц хæцыны фæуд* Бацæуынц иуырдыгæй Комин и æмæ ромæг тæ, иннæрдыгæй — М а рци, йæ къух бастæй, æмæ йæ къорд^ К о м и н и. Кай, абон ды цы сгуыхт фæкодтай, уый дын, Куы дзурин æз — нæ баууæндис дæ митьщ Дæхæдæг дæр. Фæлтау ныффыссон Роммæ Хабар æмæ сенатортæ кæнойг Иæ кæсгæйæ цæстысыгтимæ худгæ: Нæ уæздæттæ куыд не ’ууæндой фыцца-г, Фæстагмæ та сæ худтæ ’хсой уæларвмæ; Нæ устытæ æхсызтон тарст кæной; Сæрхъæн трибунты чъизи мæгуыртимæ’ Дæ тæккæ раз куыд бахъæуа зæгъын: «Табу уын, зæдтæ, ис сæрхъуызой Ромæн!» Фæлæ ды куывдмæ ’рбацыдтæ æфсæстæй, Стæй уымæй дæр йæ кæронмæ. Æрбаздæхы знæгты сурынæй йе ’фсæдтимæ Т ит Л арци. Л а р ц и (Марцимæ амонгæйæ). Фæтæг, Ай у нæ хæстон аласа, йæ уæлæ! Стæм мах æрмæст æфтаугæтæ. Ды уый Куы федтаис!.. М а р ц и. Сыбыртт дæр ма скæн, — курын! Ныййарæг мад мæ раппæла мæнæй — Ныййарæг та йæхи туг хъуамæ стауа — 418
Нæ уарзын уый дæр. Райгуырæн бæстæн Мæ бон цы уыд, уый сарæзтон, сымахау. Иæ удуæлдайæ чи хæцыд, уый у Хъуыддагæй ме ’мсæр. К о м и н е Нæ, ды хъуамæ ма уай Дæ хæрзиуджытæ сафæн уæрм: уадз Ром , Иæ хъæбулты лæгдзинад зона. Де сгуыхт» Æмбæхс æмæ егъаудæр кады аккаг Цы лæг у, уымæй ма ралпæл, йæхи Хæдæфсармæй фæсфæд кæй ласы, уымæн — Уый давын у, гадзырахат, фыдракæнд. Гъеуый адыл дæуæй æз курын, байхъус, Æфсады раз цы зæгъон, уымæ, айс æй: Хæрзиуæг нæу, æрмæст цы ’мбæлы, уый. М а р ц и. Цæфтæ дæн æз, — цæмæй мын макуы сдудой,— Сæ кой кæнын нæ хъæуы. К о м и н и. Нæ, хъæуы, Æбузндзинадæй схæф уыдзысты науæд Æмæ сæ сбæтдзæни мæлæт. Цы бирæ* Бæхтæ нæм бафтыд, горæт æмæ хæсты Цы хæзна райстам,—уыдоны дæсæм хай Дæттæм дæуæн, æнæуаргæйæ, раздæр. Цы дæ хъæуы, уый раваар. М а р ц и. Бузныг, раздзог, Фæлæ æз ме ’нæбалхæнгæ зæрдæйæ: Нæ исын мызд мæ кардгуыстæн, æз дын’ Уьш, хæсты, чи уыд, уыдонмæ цы хæйттæ’ Æрхауой, ахæм райсдзынæн æрмæст. Трубатæ цæгъдынц. Хъуысы хъæртæ: «Марци, Марци!», хæс тонтæ хæрдмæ æппарынц сæ худтæ æмæ сæ хæтæлтæ. К о мини æмæ Л а р ц и сæ худтæ сисынц. Мæнæн хъæстæ у уыцы цагъд, ныхъхъус уæнт! Козбау цагъд кæд ам, хæцæны карнынц, Уæд горæты ’мæ галуанты, бæлвырд, Æрмæст фырадджын цуронтæ уындзыстæм. Цæмæн у кард, куы ’рфæлмæн вæййы йе ’ндон, Æлдары хуысссæны цыллæйау, уæд? Æгъгъæд у! Ау, мæ цæсгомæй мæ туг 419
Кæй нæу æх’сад, æртæ-цыппар тæппуды* Кæй амардтон, æнæбæрæг хæстонæй’ Уæлдай кæй нады сарæзтон, гъеуымæн Кæнут мæныл хæппол ныхас, цыма мын Æхеызгон у козбау æп-пæлдмæ хъусын Мæ ницыйыл?!. Комини. Æгæр хæдæфсарм дæ Æмæ дæ кадæн аргъ нæ зоныс, мах дьгн Зæрдæбынæй цыт кæнæм. Рох дæ ма уæд, Дæ ном æгад куы кæнай; ам дын уæд Дæ къухтæ ебæтдзыетæм, йæхицæн барæй Фыдаразæг æррайау, æмæ уæд Æнцонæй демæ дзурдзыстæм. Уадз зона, Стæй алчи фе’на, кадгæнæн худ Марци/ Кæй райюдзæн хæсты фесгуыхтмæ. Стæй уæд Мæ уæздан бæх, — ам уегасдæр кæй зонут,— Æд саргъ, æд идон Марцийæн дæттын. Лæвæрд ын уæд нырæй фæстæмæ ноджы, Кай Марци Кориолы раз цы етыр* Хъæбатырдзинад равдыста, гъеуымæн Йæ сæрмæ кадджын ном Кориюлан, Æмæ фæрнæй хæссæд йæ ном цытимæ! Трубатæ æмæ барабантæ цæгъдынц. С е г ас. Кориолан— Кай Марци! К о р и1 о л а н. Æз цæуын, Ныхсон мæ цæсгом, бакæсон мæхимæ, Цымæ ныссырх дæн? Цæй, куыдфæнды фодг Æз уегасæй дæр бузныг. (Коминийæн.) Исын бæх, Цы ном мын радтат, уый хæсдзынæн раст* Мæ худы цъуппау кад æмæ цытймæ. К о м и н и. Цом цатырмæ. Нæ уæлахизыл Роммæ[ Цау арвитæм æмæ нæ фæллад суадзæм. Тит Ларци, аздæх Кориолмæ ды, Сæ балхонты сьгн арвит Роммæ, хъуамæ Ныффыссой немæ фидыды гæххæтт, Пайда чи уа, нæ дыууæтæн дæр, ахæм. 426
Л а р ц и. Уыдзæн æххæст, æфсадхон. Кориолан. Зæдтæ худынц, Бæлвырд, мæныл. Уæ кадджындæр лæвæргш Нæ райстон, фæлæ ныр тыхеын кæнын, Нæ фæтæг, дæу мæ курдиатæй. Комине Раздæр ■ Щз дæн разы. Цы дæ хъæуы? К о р и о лла н. Кæддæр Мæн иу мæгуыр фæхуыдта Кориолы. Æз абон федтон, уацарæй мæнмээ Куыд ниудта уый’ æххуысмæ, фæлæ уæд< Фæзынд Авфиди, æмæ масты раэ’ Ныхъхъус тæр’Игъæд. Раттут ын сæрибар. КОМИНЕ Уæзданы курдиат! Куы уаид уый Мæхи хъæбулы амарæг, уæддæр æ§, Сæрибар уадау, ауадзии. Тит Ларци, Цу, ауадз æй. Л а р ц и. ’ Куыд у &æ ном, Кай1 Марци]? Кориолан. Юпитерыстæн, ферох мæ. Фæлладæй* Мæрдрох фæдæн. Сæны хуыпп дæр уæм нæй? Комини. Цом цатырмæ. Дæ цæсгомыл, мæцъау, Ныхъхъæбæр туг. Бæттын хъæуы дæ цæфтæ, Дæ уды мæт æппын нæ кæныс. Цом. Ацæуынц. 10 СЦЕНÆ Волскты лагерь. Уасæнтæ æмæ трубатæ. Бацæуы тугæйдзагæй Ту лл А в ф иди, йемæ цалд х æ ст оны. А в ф и ди. Нæ горæт— ахет. Æ фсæддон. Фæлæ та ног уыдзæн Нæхи пайдайы уавæртыл.
А в ф и д и. Пайдайы! Кæд мын нæй бархи волск уæвынæн бар, Уæд хъуамæ ромаг’уаин æз. Пайдайыл! Цæй пайда исы, чи фæхæрд уа, уый? — Кай Марци, демæ фондз хатты хæцыдтæн, Æмæ фæхæрд дæн фондз хатты, фæнды Æнæсцухæй æрвылбо« хæцон демæ—’ Сæгдзынæ мæ кæддæриддæр. Хæрын’ Æрдздыхæй ард, лæгæй-лæгмæ ма иу хатт* Куы фембæлæм — уый. амардзæни мæн, Кæннод æз — уый. Мæ раздæры уæздан м# Мæ мастæй басыгъд. Раздæр уыд мæ фæнд> Кай Марцийы æргом хæсты ныббырсын, Ныр афтæ нал: тыхæй нæ комы, уæд Æрхаудзæн хинæй. Æ ф сæ ддо н. А в ф и д и. Хæйрæг у, дæлимон! Ныфсхастдæр у, фæлæ нæу хиндæр. Ме ’хсар Хæссы йæ кардæй худинаджы гакк, Æмæ мæ къух мæхиуыл хъуамæ сисон. ’ Цыхуызы фæнды фод: бæгънæг, рынчын Кæнæ фынæй, кæмфæнды феста: дзуары, Ие Катйголы, аргъуаны, кæнай Нывонды кусартæй хуыцаумæ кува/ Нæ хæрамдзинад фесафынæн — иунæг^ Æгъдау æмæ зæронд закъонæй дæ^ Нæ басæтдзæн мæ судзпæ хæрам уымæ. Фæнды мæхи фыды хæдзары уæд, Мæхи ’фсымæр æй хъахъхъæнæд, уæддæр æц Мæ уæзæгау нæ кæсд^ынæн — мæ къухтæг Ныхсдзынæн æз йæ зæрдæйы <сырх туджы. Тагъд — Кориолмæ, базонут мын уым, Цы сфæнд кодтой, кæй арвитдзысты Роммаз Гæххæтт ныффыосынмæ? Æфсæддон. Ды та кæдæм? А в ф и д и. Цæуын æз кипаристы къохмæ, уартæ Куырæйтты цурмæ. Ме ’мбæлттæ сты уым. Хабар мæм уырдæм рахæсс æмæ зонон, Цы кæнон, уый. Æфсæддон. Дæ фæнд уыдзæн æххæст. Ацæуынц. 422
1СЦЕНÆ Ром. Фæз. Бацæуынц М енени æмæ адæмон трибунтæ Сицини æмæ- Брут. Ме н е н и. Æз фехъуыстон дæсныйæ, зæгъгæ, изæрмæ уыдзæн ног хабар. . Б р у т. Æвзæр æви хорз? Менени. Адæмы чи хъæуы, ахæм: уыдон Марцийы куы нæ- уарзынц. С иц ин и. Æмæ уый цы диссаг у: сырд дæр ма зоны, хицок ын Ч’И у, уый». М е н е н и. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, кæи уарзы бирæгъ? С и ц ин и. Далысы. Менени. 0} цæмæй йæ аскъæфа; æххорма-г сау адæм расг ахæм мимæ хъавынц уæздан Марцийæн. Бру т. Æцæг у далыс, æрмæст уасгæ арсау кæны. Ме н е ни. Арсæй æцæг арс у, фæлæ цæргæ та кæны фысау. Мæнæ сымах—ацæргæ адæм. Дзуапп-ма мын раттут ^ иу фарстæн. Трибунтæ. Хорз, бафæрс. 423;
Менени. Зæгъут-ма мын ахæм сахъат, Марци мæгуыр кæ- мæй нæу, сымах та — хъæздыг? Б р у т. Уый сæ иуæй дæр мæгуыр нæу; уымæ алы сахъат дæр уæлдæйттæй. 'Сицини. Уæлдайдæр æнæрвæссондзинад. Б р у т. Хиппæлындзинад та ноджы фылдæр. М е н е ни. Уый дын диосаг. Æмæ уæхæдæг зонут, горæты уæм азым цæмæн хæссынц,—сегас нæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ мах, номдзыд адæм? Гъы, куыд, зо- нут? Тр и б у н т æ. Цæмæн нæм хæосынц азым? М е н е н и. Ам ныртæккæ æнæр’вæосондзинадыл дзырдтат... Сымах мæсты не суыдзыстут? Трибунтæ. Нæ, нæ, дæ ныхас кæн. Менени. Цæй, куы -смæсты 'уат> уæддæр диссаг нæу, уæ быхсындзинад ныддымæн ж хуымæтæджы бафуй’æ дæр. Гъеуый адыл, табуафси, мæсты кæнут, цас уæ фæнды, уыйас. Уæдæ хъаст кæнут Марцийæ йе ’нæр- вæссоны тыххæй? Б ру т. Канд мах нæ. М е н е н и. Зонын, уæхæдæг бирæйы аргъ не стут. Фæлæ уын æххуысгæнджытæ бирæ ис; уыдон нæ уæвгæйæ, уæ ми- тæ уаиккой æрмæст худыны аккаг. Сымах зондæй сабитæ стут, уæхицæн уа диссагæй ницы бантысид. Æззæр уын нæ уаид уæхимæ кæсæны бакæсьш æмæ хуыздæр миниуджытыл ахъуыды кæнын! Ох, куыд хорз уын уаад! Б р у т. Цымæ цы фениккам? М е н е ни. Фениккат дыууæ фырхъал, æгуыдзæг, къæйных, налат, хивæнд три’буны — комкоммæ дæр та — Ром кæй никуыма федта, ахæм сæрхъæнты. 424
Сицин и. Мах, Менени, дæу дæр хорз зонæм. М е н е ни. О, мæн алчидæр зоны, сæны нуазæныл Тибры дон чи нæ кæ-ны æмæ йæ хъармæй чи нуазы, ахæм хъæлдзæг æлдарæй. Æвзæрæй та мыл уый дзырдæуы, æмæ тайын курæджы раз, ссудзын зныхау чысыл аныдзæвдæй дæр, æмæ изæр фылдæр абадын уарзын, райсом фылдæр- афынæй кæнын. Æз хæрам мæ зæрдæйы не ’мбæхсын: мæ хъуыдыйы цы уа, ме ’взагыл дæр уый ис. Куы фем- бæлын сымах хуызæн дыууæ паддзахадон лæгыл (ли- кургтæ уæ, а-гъай, нæй рахонæн!) æмæ куы фæизгард кæнын, цы нозт мын дарут, уымæй, уæд мæхи æнæфсæр- мæй æнхъырын. Куыд уын хъуамæ зæгъон, раст дзурут,„ зæгъгæ, уæ алы сныхасы дæр хæрæджы охъи куы хъуысы, уæд? Иннæтæ уæ кадджын æмæ æгъдауджын адæм куы рахоной, уæд ма мæ бон бауыдзæн ницы; сдзурын; фæлæ афтæ дзурын куы байдаиккой, зæгъ-- гæ, уæ цæсгæмттыл хæрзуды нысан ис, уæд уый æз рахонин чъизи мæнгдзинад. Сымах мæ уыцы миниуæг зыдтат ныронгдæр, фæлæ уый, хорз мæ кæй зонут, уый æвдисæн у? Цавæр аиппытæ мыл федтат уæ цы- бырдзæстытæй, цы мæм рахатыдтат уæ иуыл цыбыр< зондæй, — цæмæ гæсгæ зæгъут, хорз мæ зонут, уый> Б р у т. ,, Ды цыфæнды дзурай — мах дæ уæддæр ’хорз зо- нæм. М е н е ни. Сымах нæдæр мæн зонут, ’нæдæр уæхи, мурдæр- ницы зонут. Сымах уарзут, гомзæвæттæ уын сæ сæрæй кувой, уый. Сымах хæрз ницæй тыххæй базар кæн- дзыстут сæумæцъæхæй талынгтæм, стæй ма уæ быцæу дыккаг бонмæ дæр аргъæвдзыстут сау суар-и’йыл. Бы- цæуы заман уæ искæмæн йæ гуыбын куы сриссы, уæд, хъуыддаг нæма алыг кæнут, афтæмæй æхсæвбадæныл атъæфс вæййы, стæй адымы, быцæуы хъуыддаг иннæ бонмæ ноджы хæццæдæрæй ныууадзгæйæ. Сымахæн уæлдай нæй растæй-зылынæй, дыууæтæ дæр уын цæстфæливджытæ сты. Сымах стут замманайы къай! Б ру т. Хорз, хорз, махæн зындгонд у, ды фынджы уæл- хъус худæджыхал кæй дæ, фæлæ Капитолийы — уым хорз зондамонæг нæ дæ. 42&
Мен ени. Суанг дзуарылæгтæ дæр худæгæй бакъæцæлтæ уа- иккой, сымах хуызæн сæрхъæн худæджыхæлттыл арæхдæр куы æмбæликкой, уæд. Уæ зачъетæ куы фез’- мæлынц, уæд уыдон бирæ хъуыдыджындæр фæзынынц уæ тæккæ хуыздæр ныхæстæй, кæд уæ зачъетæн хуы- гæсы базы кæнæ хæрæджы саргъы ныгæньгн дæр æгæр стыр кад у, уæддæр. Æмæ ма ноджы хъаст кæнут, Марци æнæрвæссон у, зæгъгæ! Æмæ уый, æп- пæты къаддæр, уæ фыдæлтæн се ’ппæты аргъ куы у, суанг Девкалионæй раидайгæйæ, æниу сæ хуыздæртæ фыдæй-фыртмæ лæгмартæ уыдысты, фæлæ. Цæй, хорз баззайут уьгн зæгъон, сауфосы фиййæуттæ, на- уæд уæ дзæнгæдайæ мæ сæрымагъз сысмаг уыдзæни. Уæндын сымахæн хæрзбон зæгъын. В р у т æмæ С ицини иуварс алæууынц. Бацæуынц Волу мни, В ир гили æмæ В алери. Цы хабар у, саурæсугъд устытæ, а зæхмæ ’рхизæг мæйау, уæздан æмæ сыгъдæг чи у, — цы уæ хъæуы? Кадæм тындзы уыцы тагъд уæ цæстæнгас? В о л у м н и. Æгъдауджын Менени, мæ лæппу Марци æрбав- вахс Роммæ. Юнонæйы хатырæй, ма нæ фæстиат кæн. Менени. Цы? Марци æрбаздæхы? Во л у м н и. О, æгъдауджын Менени, стæй стыр кадимæ. М е н е н и. (Иæ худ хæрдмæ æппаргæйæ.) Айс мæ худ æмæ мæ зæрдиаг арфæтæ, Юпитер! Ау, æцæг æрбаздæхы Марци? Виргили æмæ Валери. О, о, æцæг. В о л у м н и. Уыныс, мæнæ мæм йæ фыстæг дæр, дыккаг æрбар- выста сенатмæ; йæ усмæ — æртыккаг; дæумæ дæр, æвæццæгæн, уæхимæ æнхъæлмæ кæсы йæ фыстæг. Ме н е ни. О, уæдæ абон мæ хæдзар фырцинæй. скафдзæни. Ау, æцæг мæм уыдзæни фыстæг? В и р г и л и. Ис, ис, æз æй мæхæдæг федтон.
М е н е ни. Мæнмæ фыстæг! Уый мæн рагацау иу-авд азьр / сæнæниз кæндзæн, æмæ мæ лечъырæн йæ фында амæрздзынæн. Ахæм хосы раз зоидджын Галены тæк- кæ диосагдæр рецепттæ мæнгсайæнтæ сты, науæд та. бæхты хуылфытæ ’хсæн хостæ. Æмæ Марци цæф нæу? Æнæхъæнæй иунæг хæстæй дæр куы никуы раздæхти. В и р г и л и. Ах, нæу, нæу! Во л у м н и. А-гъай у цæф, æмæ табу хуыцауæн, æхсызгон мьш У- М е н е н и. Мæнæн дæр, кæд йæ цæфтæ æгæр уæззау не ’сты, уæд. Уæвгæ ууыл хорз фидауынц. Уæдæ, уæлахиз- йæ дзыппы ис, и? В о л у м н и. Нæ, Менени, — йæ ныхыл. Æртыккаг хатт тулдзы сыфтæртæй быд худы здæхы. М е н е ни. Хæрзаг тынг æрбалвæста Авфидийы рохтæ? В о л у м н и. Тит Ларци фыссы, лæгæй-лæгмæ, дам хæцыдыстыг фæлæ Авфиди алыгъдис. М е н е ни. Гъемæ хорз бакодта, мæ зачъейыстæн. Афоныл нæ алыгъди, зæгъгæ, уæд æй Марци афтæ ныавфиди’ кодтаид — Кориолы æппæт сызгъæрины чырынтæй дæр мæ нæ бафæндид уый раны бахауын. Æмæ се- нат уыцы хабæрттæ зоны? Во л у м н и. (Виргили æмæ Валерийæн.) Цомут, мæ ахсджиæгтæ. (Мененийæн.) О, о. Сенат райста фыстæг æфсадхон Коминийæ. Уый афтæ фыссы, ацы бабырсты кад, дам, æгасæй дæр мæ хъæбулы у. Йæ раздæры сгуыхтытæй фæуæл- дæр ис. В а л е р и. Æцæг дзы æнæрцæугæ диссæгтæ дзурынц! М е н е н и. Æнæрцæугæ! Ард хæрын — æрмæст æцæгдзинад. 42Г
В и р г и л и. Хуыцау ра’вдисæд се ’цæгдзинад! Волумни. Се ’цæгдзинад! Æмæ сыл гуыры-схо чи кæны? Менени/ Æцæгдзинад! Æз ыл ард хæрын. — Цæф та кæм фæци? (Ногæй та йæм бацæуæг трибунтæн.) Салам кадджындæртæн! Марци æрбаздæхы, æмæ йын ныр ноджы фылдæр бартæ ис сæрбæрзонд уæвынæн. (Во- лумнийæн). Уæдæ цы ран цæф у, зæгъыс? В о л у м н и. йе уæхск æмæ йæ галиу къух. Ныр йæ буарыл уыйбæрц ностæ ис æмæ сæ æвдисдзæнис адæмæн, кон- . сулы ном райсыныл куы дзура, уæд. Тарквинииы ныб- бырсты ныхмæ хæцгæйæ Марци1 авд цæфы фæци. М е н е н и. Иу —йæ бæрзæй, дыууæ — йæ фарс. Æдæппæтæй цыма фараст. ! В о л у м н и. Уый агъоммæ дæр фондз æмæ ссæдз цæфы куы уыди. М е н е ни. Уæдæ ныр баисты авд æмæ ссæдз: алы цæф дæр— ингæн знагæн. Хъæртæ, трубатæй цогъдæуы. Хъусут, трубатæ? В о л у м ни. Уый Марцийæ хабар у. Алы ран ыл Æмбæлы цин, цæугæйæ та — цæссыгтæ. Хæссы йæ къухты уый мæлæты зæд: Йæ къух куы сисы, знаг æрхауы уæд. Трубатæ. Бацæуынц Ко мини æмæ Т ит Л а р ц и; се ’хсæн Ко р ио лан тулдзын худы, сæ фæдыл — æфсадхонтæ æмæ хъæргæнæг. Хъæргæнæг. ’ Зон, Ром, Кай Марци Корйолы дуæрттæ( Кæй æрцахста хæрз иунæгæй, йæ фьщцаг’ Дыууæ номмæ æртыккаг кадджын бафтыд — Кориолан. Цæрæд Кориолан! Трубатæ. 428
С е г а с. Æгас нæм цу, Кориолан! Кориолан. Æгъгъæд, Уæ хорзæхæй!.. Мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Комини1. Кæс-ма, дæ мад æрбацæуы. Кориолан. О! Зонын, Хуыцауæй мын ды ракуырдтай уæлахиз. (Æрлæууы йæ зонгуытыл.) В о л у м ни. Уæлæмæ сыст, мæ хъæбатыр æфсæддон, Мæ дзæбæх Марци, адджын хъæбул Кай, Йæ фесгуыхтмæ кæмæ æрхаудта ног ном... Куыд æй хуыдтат? Кориолан. Раст нæу? Æрба’кæс-ма дæ хорз усмæ. Кориолан. Салам дын, Мæ саурæсугъд æнæдзураг. Уый циу? —г Цæссыгкалгæ цæмæн кæсыс мæ цинмæ? Æвæццæгæн, уæд худтаис, æз дæм( Куы раздæхтаин... табæты... Кæуинаг’ Ныр кориолаг мадæлтæ сты, ноджь^ Сæ идæдзтæ. М е н е н и. Нæ буц зæдтæй дын намыс! Кориолан. Æгас дæ, ме ’рдхорд? (Валерийæн.) Бахатыр кæ, ’хсин... В о л у м ни. Кæй къух ма райсон — нал зонын!... (Коминийæн.) Салам дын, Нæ фæтæг, æмæ чи раздæхт — сымахæн! М е н е н и. Нæ, мин саламы! Худын дæр, кæуын дæр. Цæуы мæнмæ, мæ зæрдæ у æнкъард, Стæй ноджы хъæлдзæг! Уе ’ппæтæн салам! Рын бафтæд, рын, хъыг кæмæн у дæ уынд, 429
Гъеуыдсныл! Æртæйæ уæм Ром хъуамæ, Хуыцæуттау, кува, — кувгæ дæр кæндзæ^ Æртæ-цыппар зæронд хъæддагæй дарддæр, —* Фæлæ мах уыдæттыл нæ кæнæм мæт —-* Æлгъыст æрбаузбнт! — Арфæ не ’фсадхонтæн! Сæрхъæн сæрхъæнæй баззайдзæн, пысыра — Пысырайæ. К о м и н и. Æдзух æргом, цæхгæр. Кориолан. Цæмæйдæриддæр уыцы-иу — Менени. Хъæргæнæг. Фæндаг сын! Размæ! Кориолан. Цæй, уæ бонтæ хорз. (ВоЛумни æмæ Виргилийæн.) Æцæг хъæмæ цæуыны размæ хъуамае* Æрзило’н буц æлдæрттыл æмæ сын! Зæгъон -сæ кад æмæ сæ цинмæ бузныг. В о л у м н и. Мæ рухс сæнтты цæмæ бæллыдтæн, уый Æрыййæфтон мæ удæгасæй, баззад* Æнæххæстæй мæ иу бæллиц æрмæст, " Фæлæ мын Ром кæд баххæст кæнид уый дæр. Кориолан. Нæ, барвæндæй лæггад кæндзынæн æз, Цæйнæфæлтау ын сау адæмы фæндæй: Уон хицау æз. К о м и н и. Цом Калитолимæ! Трубатæ^æмæ уасæнтæ. Триумфалон цыд акæнынц. Б р ут æмæ С ицини ралæууынщ. размæ. Б р у т. Æрмæст иу уый кой. Бакодтой сæ фындзтыл Цæ€ткæсæнтæ, цæмæй йæ хорз уыной; Мад сабийы кæугæ ныууагъта— Каймæ Ныдздзагъыр уый дæр; дзулфыцæг ныдздзивд Йæ рудзынгæй хыссæкъухæй»; къæпдзыхæй Кæнынц æмызмæлд уæлхæдзæрттыл адæм; Кæмдæриддæр ис уынг, уæзæг, кæрт, дуар —* Хæлиудзыхтæ ’мæ-магусатæй се ’дзаг:- Сæ хæмхудтæ йæм ивазынц, бырсынц 430
Кæрæдзи сæрты, цæстытæй йæ фæдыл Зыдæй кæсынц. Æхгæд цардæй цæрæг Дæснытæ дæр кæрæдзи сæрты хауынц Йæ фенынмæ. Зæнæгджын сылтæ та Сæ кæлмæрзæнтæ систой æмæ хурмæ’ Сæ урс цæсгæмттæ, — туг æмæ æхсыр* Кæм хæцынц, уыдон — пъатæм дарынц. Уынгтæ —* Хъæрахстæй дзаг, цыма æртахти зæд Æмæ сæ разы Кайы хуызы бацыд, Цæхæркалгæ. С и ци н и. Хæрын дын ард, рæхджы ’ Уыдзæни ’консул. , Брут, Уый куы -суа нæ хицау, 1 Уæд махæн дуне фестдзæнис ингæн. Сйцинй. Æрра уыдзæни хицауæй дæр: кадæй) Цы ссардта, уый йын хæрд куы фæуа, уæд/ Æрхаудзæни. Б р ут. Бæргæ, хуыцау куы зæгъид! Сицини. Уырнæд дæ, сау адæм, ныр мах фарс чи у,— Уый ферох кæндзæн абоны триумф Æмæ йын ног æрымысдзæни зноньй Хæрамдзинад, — фæмæсты сæ кæндзæн Йæхæдæг Марци йе ’нæрвæссон митæй. Б р у т. Карз сомы кодта, консул уæвын, дам, маа Куы бафæнда, уæд базары фæзмаЗ Нæ рацæудзынæн, чъизи сау бызгъуырты Сæргуыбырæй (æгъдау куыд домы, афтæ), Нæ равдисдзынæн адæмæн мæхи, Сæ тæфгæнаг хъæлæстæ кургæ. >С и ц,и н и. Тынг хорз! Б р ут. Стæи ноджы загъта, консулы ном, дам, Нæ курдзынæн, æлдæрттæ мæм с^ехæдæг Зæрдиагæй куы нæ бахатой, уæд. Сицини. Уый уаид тынг хорз! Ехх, бæргæ: йæ сомы Куы нæ аивид! Л11
Бру т. Афтæ уыдзæн уый. С и ци н и. Уый уаид, мах куыд фæнды, афтæ — йе тсæфт. Брут. Йе хъуамæ уый мах рафæлдахæм, йе — Нæ хицауад æрхаудзæн. Хъуамæ дзурæь* Сау адæмæн, зæгъгæ, сæ никæд уарзта, Æмæ йын фадат ис, зæгъгæ, уæд сæ Йæхицæн уаргъхæссæн хæрджытæ скæнид, Сæ бар сын байсид, адæмы лæгтæн Сæ былтыл цъутта сæвæрид; уый дзурид,, Зæгъгæ, -сау адæм зонд .æмæ зæрдæйаа Æфсады уæвæг теуатæ сты раст,—4 Хæринаг сын дæттын хъæуы, цæмæй ньгн) Уæргътæ хæссой, нæмын та сæ хъæуы, Сæ уæззау уæргъты бын куы ’рхауынц, уæд, Сй’цини. Куы та бафхæра адæмы йæ хъалæй, Уæд радзурдзыстæм уыцы хъуыдытæ Æппæты раз, — уый тагъд уыдзæни: Марци! Сау адæмыл æнцон ардауæн у, Цыма куыдз фосыл. Уайтагъд ссудздзæн ’аддаиг* Къæцæлтау, æмæ фæздæг Кайыл сæг Æрæвæрдзæн æнусмæ. Бацæуы фæ д ис о н. Б ру т. Цæй, цы зæгъыс? Ф æ д и с о н. Хъæут, дам, Капитолийы. Кай Марци Уыдзæни консул. Цас адæм æрцыд! Куырмытæ — цæмæй бай’хъусой; къуырматæ—- Цæмæй йæ феной. Ацæргæ сыдтæ йын* Йæ развæндагыл се ’рмкъухтæ тыдтой-, Æвзæнгтæ та — сæ кæрдæнтæ. Йæ разь^ Сæ -сæртæ ’руагътой уæздæттæ, цыма Юпитеры нывы раз, æмæ худгæ Раст и’хуард кодтой адæмы гуылфæй Хорз арфæтимæ. Ахæм ции нæма уыд. Б ру т. Цом Капитолимæ! Уадз кусой уал Нæ цæстытæ, нæ хъустæ, — зæрдæ та уал^ Кæсæд æнхъæлмæ. 432
С и цин и. Цу, æз та дæ фæдыл. Ацæуынц. 2 СЦЕНÆ. Уый дæр уым. Капитоли. Бацæуынц д ыу у æ лæггадгæнæджы æд базтæ бадынæн. 1-аг лæггадгæнæг. Тагъддæр, тагъддæр, ныртæккæ ам уыдзысты. Цал лæджы агурынц кансулы ном? 2-аг лæггад г.æ н æ г. Æртæ лæджы, дам. Фæлæ алкæй дæр уырны, 1<о- риоланы равзардзысты, уый. 1-аг лæггадгæнæг. Бæргæ хъæбатыр у, фæлæ дæлимонау фырхъал у æмæ нæ уарзы хуымæтæг адæмы. 2-аг лæггадгæнæг. Æгъгъæд у! Цас æмæ цас стыр лæгтæ кодтой цæстмæхъус митæ адæмæн, фæлæ сæ адæм уæддæр нæ уарзтой. Уæдæ афтæ зæгъæн ис: адæм лæджы цæй тыххæй уарзынц кæнæ цæй тыххæй нæ уарзынц, уы- мæн сæхæдæг дæр ницы зонынц, Кориолан уый æмба- ры, уымæн уæлдай нæу — адæмæн сæ уарзон у æви сæ цæстысындз. Æмæ уæздан лæг кæй у, æргомзæрдæ, уый тыххæй йæ цæстæнгас не ’мбæхсы. 2-аг лæггадгæнæг. Адæм æй уарзынц æви нæ, уымæ куыдфæндыйы цæстæй куы кæсид, уæд иуварс лæууид æмæ сын хорз дæр нæ кæнид æмæ æвзæр дæр. Фæлæ уый тынг ар- хайы, цæмæй адæмæи сæ цæстысындз уа, æмæ уыцы ахаст тынг æвдисы йæ фыдгултæн. Адæмы дæхимæ хæрам æмæ фыдæх кæн, уый та, кæй нæ уарзыс, уы- мæн, цæмæй дæ уарза, уый тыххæй цæстмæмитæ кæ- нынæй фыддæр у. 2-аглæггадгæнæг. Марци хорз балæггад кодта фыдыбæстæн. Иннæ- тæй бирæтæ æрмæст сæ сæрæй куывтой æмæ козбау митæ кодтой адæмæн, фæлæ хорзæй ницы сарæзтой, адæм сæ цæй тыххæй бауарзтаиккой, ахæмæй. Уæд- дæр Марцийæн зындæр уыди уæлæмæ схизын. Уый кадджын митæ алкæй цæстытыл дæр афтæ уайынц, 28 Шекспир 433
алкæй зæрдыл дæр афтæ лæууынц, æмæ уыдон басу- сæг кæньш—уый стыр æбузндзинад уаид. Кориоланæй хъаст ракæндзæн æрмæст мæнгдзурæг æмæ саузæрдæ адæймаг, фæлæ йын йæ ныхæстæ чи фехъуса — ни- чи йыл баууæнддзæн. 1-аг лæггадгæнæг. Цæй, æгъгъæд ыл дзурæм. Æз уынын: уый æцæг у кадджын лæг. Иуварс фæндагæй, сенатортæ рацæ- уынц. Трубатæ. Бацæуынц консул Комини, ликторты разæй? стæй та М е н е ни, Кориолан, сенатортæ, Сицини æмæ Б ру т. Сенатортæ æрцахсынц сæхи бынæттæ, трибунтæ та— сæхи. Кор ио лан лæууы. М е н е н и. Ныссабыр кодтам волскты æмæ Роммæ Æрбаздæхт Ларци. Иу хъуыддаг ма ис, Ныр не ’мбырды кæй лыг кæндзыстæм, ахæм: Цы хорзæх раттæм, мах фыдьпбæстæн Дзæвгар хорзæхтæ чи фæкодта, уымæн. Гъеуый тыххæй, нæ тæрхоны лæгтæ, Нæ бархъомыс фæтæг, нæ уарзон консул Бæстон ам хъуамæ радзура, Кай Марци Кориолан цыхуызы басгуыхт хæсты. Иæхæдæг ам и, не ’хсæн, æмæ йын Цы кад æмбæлы, ахæм хъуамæ раттæм Æм’вæнд-æмудæй. 1-аг сенатор. Дзур, уæдæ, Комини, Æмæ нын зæгъ, Ром тынг разы кæй у, Фæлæ йæм ахæм кадджын лæджы аккаг Хæзнатæ нæй. (Трибунтæм.) Хорз адæмы лæгтæ, Сымахæй курæм, байхъусут лæмбынæг, Æмæ зæгъут нæ тæрхоныл разы, Цæмæй йыл адæм «о» зæгъой. и ц и н и. Ам не ’мбырд Кæй тыххæй у, мах уымæн кад кæнæм’ Зæрдиагæй, æмвæнд-æмудæй. 434
Брут. Ноджы Æмвæнддæрæй кæниккам уымæн кад, Йæхæдæг дæр иу адæмæн хуыздæр кад, Куыд кæнид... М е н е н и. Брут, дæ ныхас тынг раст нæу! Дæ дзыхыл хæц, фæлтау. Цæй, хъусæм, цыу Коминимæ? Брут. О, хъусын, фæлæ уымæн Зæгъон мæ фæндон хъуамæ раздæр, ды’ Мæн ма хъыг дар. М е н е н и. Дæ адæмы дын уарзы, Фæлæ нæ хуысдзæн иу хуыссæны йемæ.—> Комини, дзургæ. (Кор иолан ацæуынмæ хъавы.) Марци, баззай ам, 1-аг сенатор. Кориолан, лæджы хæрзтæй куы ’ппæлой, Уæд уьшæ хъусын худинаг нæу. Сбад. К о р и о л а н. Хатыр, фæлæ мæ хъæдгæмттæ æндидзын Хуыздæр у, — хæсты сæ куыд райстон, уымæ Нæ уарзын хъусын. Брут. Уæууа, кæд, миййаг, Мæн ныхасæй фæтарстæ? Кориолан. Нæ, кæд кардæй Нæ тæрсгæйæ, афтид ’ныхæстæй лидзæг’ Дæн æз, уæддæр. Козбау нæ дзырдтай ды, Æмæ нæ бафхæрдтай мæн дæр. Æз уарзын Дæ адæмы, куыд ын æмбæлы, афтæ, —’ Нæ къаддæр, нæ фылдæр. М е н е н и. Æрбад. Кориолан. Фæлтау Мæхи бæгънæгæй ирхæфсдзынæн хурмæ, Мæ сæр ныхгæ, хæстон фæдисмæ хъусгæ, . Цæйнæфæлтау мæ ницæйаг куыстæЙ
Æппæла исчи æмæ хъусон уымæ. (Ацæуы.) Ме н е н и. Цæй, адæмы æрвыст лæгтæ, куыд кæна’ Козбау æмæ цæстмæхъус митæ уый’ Уæ бирæ гомзæвæтты раз, кæд уе ’хсæн Нæй иу уæздан, æмбаргæ лæг, кæд ын Минут йæхицæй раппæлынæй бирæ Æнцондæр у йæ цард раттын цытыл ,Хæстон быдыры? —■ Райдай ды, Комини. К о ми н и. Лæмæгъ у ме ’взаг. Уый бон нæу æвдисын Кориоланы митæ! — Кæд æхсар Лæгæн æцæг йæ фидауынгæнæг у, Уæд æз кæй сæрыл дзурын, уымæн нæй1 Æмбал зæххыл. Уыди ма ’хсæрдæсаздзыд, Бырста Тарквини Роммæ уæд, фæтых Уый не ’знæгтыл. Уæд нын диктатор чи уыд, Хъæбатыр хæцæг,'—уый йæхæдæг федта, Æнæрихийæ, цыма амазонкæ, Кай’ Марци тардта рихиджын фыдгулты; Куы федта, ромæгтæй фæцæф ис иу, Уæд æй йæ риуæй ахгæдта, æртæйы Дзыхъмард фæкодта не ’фсадхоны раз. Тарквинийæн куы фембæлдис йæхиуыл,— Хæрз «са-би уыд, фæлæ куыд басгуыхт, куыд!— Уæд лæгты ’хсæн æшгæты разæй райста Цъæх тулдзын худ. Лæппуйы кары уыд, Цæттæ лæг æмæ, денджызау, парахат. Æвддæс хæсты хæрзиуæпæй цы хауд Йæ фаззæттæм — уый сегасы дæр райста. Иæ фæстаг хæст та — Кориолы раз’ Æ’мæ йæ къулты мидæгæй (лæгдзинад, Куыд равдыста — мæ бон йæ дзурын нæу!):/ Уый баурæдта лидзджыты, тæппуд Уым чи уыди — мæлæтдзаг хæст сын фестад) Хуымæтæг хъазт, гъе ахæм ныфс -сын радта. Иæ риуæй нау куыд фæлыг кæны фурды^ Уылæнтæ, размæ ссæндгæйæ, раст афтæ, Фыдгулты ’хсæн фæндæгтæгæнгæ, Каи . Мæлæт тыдта йæ кардвындзæй фæйнæрдæм Æмæ бырста фыдгулты сæрты. Туг Иæ сæрæй къæхтæм арф хъæдгæмттæй уади, 436
Фæлæ йæ иунæг февзыстæй мæлæт; ’ Æфтыдта знагыл. Иунæгæй, тымыгъау, Уый бабырста мæлæтдзаг Кориолмæ, Æмæ ныууагъта уый дуæрттыл иæ туг,—ч Хъысмæты конд нысан, æмæ фæстæмæ Æнæ феххуысæй раирвæзти, стæй1 та, Æххуысмæ йæм куы фæзынд не ’фсад, уæд Ног бабырста, нæмыгау; горæт байста, Фæлæ раст уæд йæ къæрцхъустыл æрцыД Æввахс ранæи хæстон уьгнæр, йæ хъару| Æрбамбырд кодта ног æмæ та волсктыл’ 1 Иæхи ныццавта, риуæмбæрц лæгæрста; Сæ мæрдты ’хсæн, цоыма йын раст æрдзæй Нывонд уыдысты, афтæмæй фæхæцыд, Йæ тугкалгæ, -стæй горæт æмæ хæцæы Мах баисты. М е н е н и. О сахъ хæстон! 1 - а г сенатор. Цы бирæц Хæрзиуджытæ цæттæ кæнæм ныр мах, У уыдон аккаг! Комини. Хæсты ныл цы бафтыд, Гъеуыдонæй йын тынг зынаргъ-лæвар’ Уыд махæй, фæлæ мисхал дæр нæ райста; Æлгъаг хъуыддаг æй рахуыдта; æз, дам’, Нæ исын иннæтæй уæлдай хай; хорзæ^' Йæ фесгуыхтæн уæлахиз хоны, стæй’ Йæ цард нывонд кæй фæкæны æрвылбон, Уый амонд хоны. Ме не н и. Диссаджы уæздан! Æрбахонæнт æй. 1-аг сенатор. Тагъд фæдзурут ардæм Кориоланмæ! \ Лæггадгæнæг. Мæнæ ис йæхæдæг. Бацæуы Кориолан. М е н е н и. Кориолан, сенат дæ скодта консул. 437
Кориолан. Мæ цард æмæ мæ кардæй æз сенатæн Кæндзынæн службæ. М е н е н и. Адæмы раз ныр Æгъдаумæ гæсгæ раныхас кæн. Кориолан. Курын, Мæн уыцы ’гъдауæй суæгъд кæнут. Мæ боц Нæу адæмы раз ралæууын бызгъуырты, Мæ хъæдгæмттæ æвдисгæйæ, цæмæй[ Лæгъстæ кæнон: уæ хъæлæстæ мын раттут! Нæ, суæгъд мæ кæнут уыцы ’гъдауæй мæн. С и ц и н и. Æнæ адæм — æвзарын нæу закъонæй. Æгъдау халын нæ бауадздзысты дæу. М е н е н и. Дæ хорзæхæй, мæсты сæ ма кæн уæгъды. Фыдæлты ’гъдауыл басæтт æмæ райс Дæхицæн ном, цы уагыл баззад, ууыл, " Дæ размæ куыд уыд, афтæ. .. Ко риолан, Ахæм роль Куы хъазон, уæд сырх кæндзынæн, — сырхæй Мæн адæм феной — нæу хуыздæр. Б р у т. (Сицинийæн.) Нæ хъусыс? Кориолан. Æз æппæлон мæхицæй бардзæн: «Ахæм! Хæсты хæцыдтæн»... æмæ рох хъæдгæмттæ, Æмбæхсгæ нæ, фæлæ сæ гом кæнон, Цыма мæ цæфтæ истон уыцы ’бардзы’ Хъæлæсты сæрмæ?.. М е н е н и. Ма кæн, хивæнд ма у. —I Трибунтæ, хæс уын: адæмæн зæгъут Нæ уынаффæ. (Кориоланæн.) Æнусмæ кадджын у Æмæ хæрзамонд ды, нæ уæздац консул! 438
^Сенатортæ, , ’ Кориоланæн амонд! Кад ын, кад ын! Трубатæ. Иууылдæр, Сицини æмæ Брутæй фæстæмæ, ацæуынц. Б р у т. Гъе, адæмæн уый ахæм мимæ хъавы! С и ц и н и. Уый раргом хъæуы адæмы раз! Курдзæн, Иæ зæрдæйæн æхсызгон цы нæу, уый, Æхсызгон та й’ын уый тыххæй нæ уыдзæн, Æмæ йæ курдзæн адæмæй. Б р-у т. Уæдæ Цом базары фæзмæ, кæсынц æнхъæлмай Уым адæм махмæ, радзурæм сын хабар. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Форум. Бацæуынц авд-аст горæтаджы. 1-аг горæтаг. Цы йыл бирæ дзурæм, цы: мах хъæлæстæ куы ра- кура — «нæ» йын нæ зæгъдзыстæм. 2-аг горæтаг. Уый, æвæдза, куы нæ бафæнда, уæд ын мах зæгъ- дзыстæм!.. 3-аг горæтаг. Уый, бæлвырд, нæхи бар у, фæлæ нын уыцы барæй спайда кæныны бар нæй: йæ хъæдгæмттæ нын куы равдиса æмæ йе ’сгуыхтытыл куы радзура, уæд не ’взæгтæ йæ уыцы хъæдгæмтты батъысдзыстæм æмæ дзурын райдайдзыстæм уыдон тыххæй. Цæй, уый нын йæ уæздан хъуыддæгты тыххæй радзурæд, æндæр мах уымæн бузныг зæгъынхъом ма суæм, ахæм æнæ- уæздан кæ разындзыстæм! Æнæуæздандзинад — уый кæфхъуындарау у; æнæуæздан адæм та уæд — кæф- хъуьгндар. Æмæ кæд мах адæмæй стæм, уæд нæхи куыд хъуамæ равдисæм кæфхъуындартæй? 1-аг горæтаг. ’ Æмæ мах æнæуи дæр хæрз ницæй тыххæй кæф- 439
хъуындартæ рахонынмæ куы хъавынц. Хъуыды-ма кæ~ нут, хоры тыххæй куы сбунт кодтам, уæд нæ æнæф- сармæй бирæдзыхон сау адæм куыд рахуыдтой? 3-аг горæтаг. Бирæтæ нæ хуыдтой афтæ: æмæ уый — иутæн нæ сау сæртæ ис, иннæтæн — хъæмпхуыз, аннæтæн —мыд- хуыз, иннæтæ та бынтон гæмæхсæртæ сты,—уый тых- хæй нæ, фæлæ нæ з’онд алыхуызон æмæ фæйнæрдæм- хæцаг кæй у, уый тыххæй. Бауырнæд уæ, нæ сæры- мæгъзтæ æваст иу сæрыкæхцæй ракалдысты, зæгъгæ, уæддæр уайтагъд фæйнæрдæм атæхиккой — хуссар æмæ цæгатмæ, скæсæн æмæ ныгуылæнмæ — æмæ ни~ куы ницыхуызы баиу уаиккой. 2 - а г горæтаг. Ау, афтæ дæм кæсы? Уæдæ-ма зæгъ: дæумæ гæс- гæ, кæцырдæм атæхид мæ зонд? 3-аг горæтаг. Уый—зонд дæ сæрæй лæдзæгæи тæрын дæр нæ бакомид: зæгæлæй хуыдау у, фæлæ куы раир’вæзид. сæри’бармæ, уæд, æвæццæгæн, атæхид хуссармæ. 2-аг горæтаг. Уæд цæмæн — хуссармæ? 3-аг горæтаг. Цæмæй фæлмы батаиа; уым йе ’ртæ хайы батай- дзысты æмбыдтæфгæнджытимæ, иæ цыппæрæм хай та, дæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæныны тыххæй, раздæх- дзæн æмæ дын баххуыс кæндзæн ус курынмæ. 2-аг горæтаг. Æппын дæ бон нæу æнæхудгæ. Цæй, æниу дæ ны- хас кæн. 3-аг горæтаг. Уæдæ цы уынаффæ кæнæм? Раттæм ын нæ хъæ- лæстæ, æви нæ? Уæвгæ, уыдон уæддæр ницы марынцг уæддæр фылдæр уый фарс сты. Фæлæ хъуамæ зæ- гъо’н, адæмимæ фæлмæндæр уæвгæйæ, уымæй хуыз* дæр лæг нæ уаид. Бацæуынц Кор иолан сабыр лæдоюы дарæсы æмæ Ме нени. Мæнæ йæхæдæг æрбацæуы сабыр лæджы дарæсы.. Бæстон-ма йæм кæсут, цыма йæхи куыд дарид немæ. Негас æм-бырдæй хор-хор ма кæнæм. Кæм лæууы„ уырдæм цæудзыстæм радгай, дыгæйттæй, æртыгæйт- тæй. Уадз алкæмæй дæр хицæнæй кура, цæмæй алчи- 440
дæр йæ хъæлæс зæгъа йæхи æвзагæй. Рацæут-ма,ме- м&: æз уын равдисдзынæн, йæ цурты куыд цæугæ у. Горæтæ гтæ ацæуынц. И у у ы л. Разы, разы. М е н е н и. Нæ, раст нæ дæ: аргъ кодтой уыцы ’гъдауæн Цытджын лæгтæ. Кориолан. Омæ цыхуызы курон? «Мæ хорз хæлар...» Æлгъыст фа^уай! Мæ бон Лæгъз æвзагæй нæу ахæм хуызы дзурын. «Лымæн, кæс-ма мæ цæфтæм? Уыдон хæсты.- Фыдыбæсты сæраппонд райстон æз, Дæ хæлæрттæ нæ бара,банты хъæрæй’ Куы лыгъдысты фысты рæгъауау, у.æд!» Мене’ни. О арв! Нæ, афтæ нæ. Зæгъ сын, цæмæй Дæ хæрзтæ зоной. Кориолан. Уыдон! Цы, мæ хæрзтæ? Нæ, никæд! Ферох мæ кæнæнт, фæлтау, Дæснытæ сæ цы хæрзиуджытæ домынц, Уыдон куыд ферох кодтой, афтæ. Мене’ни. Ды Фырхивæндæй дæ хъуыддаг ма хал. Цæй, Æз ацæуон. Дзæбæх цæстæй >сæм ракæс, Дæ хорзæхæй. Кориолан. Уæд уал фыццаг ныхсæнт Сæ хæмхудтæ, стæй ранхъæвзæнт сæ дзьтхтæ, Сæ дæндæгтæ. Бацæуынц дыууæ горæтаджы. Кæс-ма, дыууæ дзы мæнæ. Сымах, кæй зæгъын æй хъæуы, зонут, æз цæмæн лæууын ам. 3-аггорæтаг. Зонæм, зонæм, Фæлæ-ма уæддæр зæгъ, цы дæ æр- бахаста ардæм? Кориолан. Мæхи хæрзиуджытæ. 441
2-аг горæтаг. Дæхи хæрзиуджытæ? Кориолан. О, фæлæ ардæм мæхи барæй не ’рбацыдтæн. 3-аг горæтаг. Куыд — дæхи барæй не ’рбацыдтæ? Кориолан. Мæхи барвæндæй æз курæг никуы балæууин мæ- гуыры раз. 3-аг горæтаг. Ды уæддæр ма рох кæн, иугæр дын исты дæттæм, уæд дæ райсынмæ дæр цыдæр кæй хъавæм, Кориолан. Гъемæ хорз. Уæдæ зæгъ комкоммæ: цасы аргъ уæм у ко;нсулы бынат? 1 - а г горæтаг. Йæ аргъ — хæлары курдиат. Кориолан. Хæлары? Табуафси. Ратт мын дæ хъæлæс, мæ- хæлар. Æз та дын равдисдзынæн мæ хъæдгæмттæ, хибар ран куы уæм, уæд. (Иннæ горæтагæн.) Ды дæр, мæ лымæн, ратт мын дæ хъæлæс. Цьг зæгъдзынæ? 2-аггорæтаг. Дæу фод, хъæбатыр æфсæддон. Кориолан. Æри дæ къух, уæдæ! Кæсыс, ракуырдтон мæхи- цæн зынаргъ дыууæ хъæлæсы. Бузныг уæ мæгуыргу- рæггагæй. Хæрзбонтæ. 3-аг горæтаг. Куыддæр диссагау у. 2-аг горæтаг. Дыккаг хатт ма куы курид.,. Цæй, састæн ныха- сæн нал ис. р тæ горæтаджы ацæуынц. Бацæуынц æндæр д ыу у æ горæтаджы. Кориолан. Кæд уæ хорз зæрдæйыл стут, æз консул куыд суон, афтæ, уæд мын уæ хъæлæстæ раттут. Уæхæдæг уынут: æз дарын, æгъдау кæй домы, ахæм дарæс.
4ч; æ м горæтаг. Ды ламысы службæ бакодтай фыдыбæстæн, фæлæ дæ сдужбæ нæ уыди намысджын. Кориолан, \ Уый цы у, уыци-уыци? 4 - æ м горæтаг. ^ Фыдыбæсты знæгтæн ды уыдтæ азар, йæ хæлæрт- ''\, тæн та скорпион: хуымæтæджы адæмы ды никæд уарз- тай. Ко р и|о л а н. ’ Гъе уæдæ ды мæнæн хъуамæ ноджы фылдæр аргъ кæнай, алкæимæ иу тæгæнайæ кæй не ’фтъæрд- тон, уый тыххæй. Æ*ниу, æз цæттæ дæн цæстмæхъус митæ кæнынмæ мæ кæнгæ ’фсымæр — адæмæн, цæ- мæй мæм ф’æдара йæ зынаргъ цæстæнгас, кæд æр- мæст ахæм хуызы кæсы дзæбæх цæстæй, уæд. Кæд зондджын адæммæ раст æмæ æргом зæрдæйæ къæдз астæу хуыздæр кæсы, уæд цы, — уæд æз сахуыр кæн- дзынæн хæрз ныллæг ’кувын æмæ козбау хæмхудтæй худын, адæм сæ бартæ кæмæ дæттьинц, уыдонау: иу- дзырдæй, службæ кæндзынæн дæргъмæ дæр, цæхгæр- мæ дæр. Гъеуый адыл уæ курын: равзарут мæ консу- лæй. 3-ам горæтаг. Мах ныфс и, нæ хæлар кæй суыдзынæ, æмæ дын иттæг разыйæ дæттæм нæ хъæлæстæ. 4 - æ м г о р æ т а г. Уæлдайдæр уымæн, æмæ ды фæдæ бирæ цæфтæ, фыдыбæсты сæраппонд хæцгæйæ. Кориолан. Уæдæ сæ кæд зоныс — æвди’сгæ сæ нал кэзнын. Æз тынг аргъ кæнын уæ хъæлæстæн æмæ иал уæндын сымах дарддæр фæстиат кæнын. Д ы у у æ г о р æ т а д ж ы. Иттæг зæрдиагæй дын зæгъæм: хуыцау дын рат- тæд хорз амонд!' (Ацæуынц.) Кориолан. Куыд цин кæнын -сæ рард хъæлæстыл! Нæ, Фæлтау сыдæй мæ мæлæт уæд, уæддæр сын Цы мын æмбæлы, уый тыххæй лæгъстæ Нæ кæндзынæн! Куыд лæууон ам бызгъуырты, Куыд курон Дикæй Хобимæ хъæлæстæ, 443
Мæн чи нæ хъæуы? Ахæм у æгъдау! Фæлæ куы лæууæм уыцы ’гъдауыл алцæм, Æнусон рыг’уæд ничиуал сæрфдзæн, Æнæнымæц рæдыдтæ уæд сæ быны Фæкæндзысты рæстдзинады. Фæлтау" Мæ ном, мæ бынат ратдзынæн, айуанау, Æппæтдæр чи ныббардзæн, уымæн. Нæ, Кæд худинаджы бабыхстон æмбисмæ, Уæд бахъæудзæнис иннæ ’мбис дæр исын. Бацæуынц ноджы æ р тæ, горæтаджы. Мæнæ ма мын æртæ хъæлæсы ноджы. — Уæ хъæлæстæ уын курын. Кодтон тох Æз уыдоныл, нæ мыл хæцыди хуыссæг Сæ мæтæй, æз дыууын -цыппар цæфы Æнудæс хæсты уыдон тыххæй райстон. Æз уыдои тыххæй сарæзтон æрмæст Егъау æмæ чысыл хъуыддæгтæ бирæ. Æриут мын уæ хъæлæстæ уæдæ: - Æцæг дæн консул суæвынмæ цæттæ. 6-æм горæтаг. Æвæдза, æцæг хъæбатырæй хæцыди. Иунæг на- мысджын адæймаг дæр ын «нæ» нæ зæгъдзæни йæ хъæлæсæй. 7-æм горæтаг. Гъемæ цы, сконсул уæд. Хуыцæуттæ йын стыр амонд раттæнт, æмæ йæ адæмæн скæнæт се ’цæг хæ- лар. Иу у ы л. Амин. Хуыцау, нæ консулыл нын ауд! Г о р æт æ гтæ ацæ у ынц. Кориолан. Куыд бирæ кад ис а хъæлæсты, куы!; Бацæуы М е нени Б р у т æмæ Сициниимæ* М е н е ’н и. ’ Фæци дæ удхар. Адæмы хъæлæс дын| Æрбахæссынц трибунтæ. Гъеныр ма Дæу консулы дарæс хъæудзæни скæнын,—/ Дæхи дзы равдис адæммæ. Кориолан. К^роц Уыдзæни уый? 444
}М)ене!НИ. ’ Ды баххæст кодтай де ’гъдау. Ды консул уай, уый адæмы фæнды. Фæлæ дæ равзæрст сфидар хъæуы раздæр. Кориолан. Сенаты? , С и ци н и. О, Кориолан, сенаты. Кориолан. Уыдзæн мын дарæс раивæн? С и ц и н и. Уыдзæн. Кориолан, Мæ дарæс раивон æмæ фæцæуын, Мæхи хуызæн куы суон, уæд— раст сенатмæ. М е н е !н и. Дæ фæдыл — æз. Сымах кæдæм, трибунтæ? Брут. Мах адæмимæ аззайæм. С и ци н и. Фæндараст! К о р иола н æмæ М енени ацзеуынц. Йæ фæнд æрцыд, кæд бамæсты, уæддæр. Брут. Сабыры дарæс екодта, фæлæ баззаДг Сæрыстырæй. Цы загътой адæм та? Бацæуынц горæтæгтæ. Сицини. Цæй, куыд, хæлæрттæ? Равзæрстат æй, цы? 1-аг горæтаг. Нæ хъæлæстæ йын радтам. Б рут. О нæ зæдтæ! Куыд нæ фæсайа адæмы æууæнк! 2-аггорæтаг. Амин. Мæнмæ та афтæ каст, цым’а нæм Æлгъгæнгæ, стæй сæрбæрзондæй дзырдта. 3-аг горæтаг. Уый афтæ уыд: йæхинымæр ныл худти!, 1-аг горæтаг. Нæ, уый уыди йæ дзырдыхъæд æрмæст. 2-аг горæтаг. Мах негас дæр дæуæй фæстæмæ федтам, 445
Æнæрвæссонæй нæм кæй дзырдта, уый. ’ Уый хъуамæ равдыстаид ам йæ цæфтæ — Йæ хорзæхтæ фыдыбæсты раз. С и ц и н и. Уы^ Æнæмæнг уыдон равдыста! Горæтæгтæ. Нæ, никæд! Нæ равдыста! Нæ федтам мах. Нæ уыд! 3-аг горæтаг. Йæ худ тилгæ, æнæрвæссонæй загъта: «Иу хибар ран мын фендзыстут мæ цæфтæ. Æнæ уæ фæнд мын консул суæвæн нæй, —* * Æмæ уæ курын уый тыххæй хъæлæстæ». Куы сразы стæм, уæд загъта: «Бузныг. Æа Тынг аргъ кæнын уæ хъæлæстæн, фæлæ нын Æндæр хъуыддаг нæй махæи иумæ.» Ау, Уый худын нæу? С и ц и н и. Æмæ цæмæн уыдыстут Æгæр сæрхъæн, сывæллæттау, — куыд æй) Нæ бамбæрстат? Кæд бамбæрстат, уæд та йыл’. Куыд баууæндыдыстут æмæ куыд радтат/ Уæ хъæлæстæ? Брут. Цæуылнæ радтат дзуапп, Куыд уын амыдтам, афтæ, — зæгъгæ, Марци^ Куы .нæма уыди хицау эемæ Ромæн Æнæбæрæг æххуырст куы уыд, уæддæр Сымахмæ тынг хæрам уыд æмæ арæх Дзырдта уæ ныхмæ форумы, цæмæй’ Æрцæуой сау адæмæн истсæ бартæ;- Зæгъгæ, куы суа ныр паддзахады хицау, ’ Тыхджын, дзырдзæугæ, адæмæн куы уа, Фыццагау, знаг, — уæд не ’лгъыстаг хъæлæстæц Нæхи куы сафæм! Дзурын уæ хъуыди, Зæгъгæ, йæм кæд хæрзиуджытæ ис бирæ, Цæмæй суа консул, уыи тыххæй, уæддæр, Сымахæй хъуамæ бузныг уа йæ равзæрст Æмæ, йæ хæрам аппаргæйæ, суа Уæ хорз хæлар, уæ хъахъхъæнæг. С и ц и н и. Сымах ын Куы загътаиккат мах лыхæстæ, уæд 446
йæ фесхъиудыл фæзындаид йæ зæрдæ^ , Æмæ йын раттын кодтаиккат дзырд, Кæй уæм дардзæн хуыздæр цæстæнгас, ууыл; Кæнæ йæ смæсты кодтаиккат тынг, -л Мæстыйæ уый нæ зоны мурдæр барын, -—» Æмæ уыдаид йе ’рра ми фæрæз, Цæмæй уæ равзæрст аиват. Б р ут. Нæ, федтат, Куыд æй хъуыдыстут, фæлæ уыл уæддæр Куыд худти, уый? Æви нæ зонут, уый уæ/ Куыд цъист кæндзæн йæ цæстæнгасæй, хицау Куы суа уæ цъист кæнынæн, уæд? Æ/ви: Уæ риуы зæрдæ нал цæвы? Æви уын Æвзаг уæ зонд сæттынæн у лæвæрд? С и ц и н и. Æви уæ исты чи фæкуры, уымæн Нæ загътат никуы нæ, зæгъгæ? Ау, уæд Уæ хъæлæстæ цыхуызы радтат, кургæ Цы лæг нæ кодта, фæлæ худгæ, уымæн? 3 - а г горæтаг. Нырма нæма у фидаргонд. Нырма Ис аивæн дæр. 2-аг горæтаг. Аивæм æй хъуамæ! Æз минырдæг лæгтæн зæгъдзынæн уый! 1-аг горæтаг. Æз — минæн, æмæ се ’рдхæрттæн дæр ноджы. Брут. Цæугæ æмæ сын радзурут, зæгъгæ, Мах равзæрстам фыдвæндгæнæг нæ ныхмæ, Нæ барсæттæг, нæ хъæлæсыбар исæг, Рæйаг куыдзæн цы аргъ ис, ахæм аргъ нын Чи кæны, уый. С и ц и н и. Сау адæмыл æрзилут Æмæ уынаффæ рахæссут, цæмæй, Æрра лæг фидар ма ’рцæуа. Зæгъут сын, Куыд хъал у, стæй куыд хæрам у сымахмæ, Уæ сайынæн куыд сабырхуыз уыди, Фæлæ, хъæлæстæ кургæйæ, куыд худти Сымахыл, уый. Йæ хæрзиуджытыл, зæгъ, Куыд хъуыды кодтам, уæд йæ марг ныхæстæ, Йæ рагон сау хæрамдзинад æваст Æрбайрох кодтам. 447
Брут. Мах аххос фæкæнуг Йæ равзæрст, — зæгъгæ, адæмы нæ фæндыд, Фæлæ уæ мах, трибунтæ, сразы кодтам... С и ц и н и. Зæгъгæ, нæ уыди барвæндæй æвзæрст: Фæлæ нæ дзырдæй, о! — Зæгъгæ, уæ сæрта^ Уæхи фæндыл иæ кодтой уæд хъуыды, Фæлæ æрмæст кæнын ц,ы хъуыди, ууыл. Цыбырдзырдæй, æнæбары æвзæрст Æрцыд уæ консул. Мах аххос æй скæнут. Брут. О, мах-иу фаут. Уе ’мбæлттæн зæгъут, Куыд арæх-иу уын амыдтам, йæ сонтæй Нырмæ куыд куыста райгуырæн бæстæн; Кæй у йæ мыггаг Марцитæй, — Анк Марци, Нæ Ромы паддзак уыдонæй кæй равзæрду Фыдæй фыртмæ нæ разагъды лæгтæ — ( Квинт æмæ Публи, Цензорин, Гостили,—■ Нæ Роммæ дон чи рауагъта, — тыхджын’ Кæй уарзтой мæгуыртæ æмæ сын цензор Дыууæ хатты кæй уыди, уый. С и ц и н и. Зæгъут сын, Кæй уын дзырдтам æйпынæдзухæй мах," Йæ дард фыдæлтыл нæ, фæлæ ма ноджы’ Йæ зонд, йæ ныфс, йæ лæджыхъæдыл дæр, — Сты уыдон ’консул равзарынæн бартæ,— Фæлæ йын рагæй абонмæ йæ митæ^ Куы сбарстат, уæд уын рабæрæг, кæй у Уæ фыдызнаг æмæ фæстæмæ ивут Иæ равзæрстыл уæ тагъд-тагъд хаст уынаффæ. Брут. Хъусут, æппындæр ма ауæрдут махыл, Зæгъгæ, уын мах нæ уыдыстæм, уæд æй Сымах нæ равзæрсгаиккат æппындæр. Куы рамбырд кæнат хъæлæстæ, уæд-иу Фæтыидзут Капитолимæ. Горæтæгтæ. Æцæгæй Уый раст уыдзæн. Фæсмон кæнынц нæ фылдæр- Иæ равзæрстыл. (Ацæуынц.) 448
\Б р у т. Ныр уыдон ауадз ды! Æдасдæр нын у адон бунтыл сардыд, Кæннод бæлвырд æндæр сыстад уыдзæн’ Æмæ уый бирæ разындзæн тæссагдæр. Куы -смæсты уа- йæ нæравзæрстыл Марци, — Мæсты та тынг кæндзæни,— уæд уый махæн Пайда уыдзæн. С и ц и н и. Цом Капитолимæ, Уым цалынмæ сау адæмæй иæ байдзаг. Уадз, мах цы буитмæ сардыдтам ныр ам, Уый ахæлиу уа алырдæм æнцонæй, Цыма раст равзæрд адæмы фæндонæй. Ацæуынц. 29 Шекспир
1СЦЕНÆ Уынг Ромы. Уасæнтæ. Бацæуынц Кориолан, М е не ни, К о мини, Т ит Л а р ци, сенатортæ æмæ патрицитæ. К о р и о л а н. I Уæдæ та систа ног йæ сæр Авфиди? Л а р ци. О, систа. Æмæ батындзыдтам мах Гъеуый тыххæй нæ фйдыды хъуыддæгтæм. Кориолан. Уæдæ та волсктæ агурдзысты аххос, Цæмæй нæм ног æрбабырсой? К о м и н и. Нæ, консул. Сæ тых у саст, æмæ сын мах æгасæй Сæ тырысатæ нал фендзыстæм ныр Фæйлаугæйæ. Кориолан (Ларцийæн). Авфидийы ма федтай? Л а р ци. Æрбахаста йæ минæвар гæххæтт: Йæ горæтæгтæн алывыд фæкалдта, Кæй радтой горæт, уый тыххæй æмæ Фæстæмæ аздæхт Анциуммæ. К о р и о л а н. Уæд Мæн тыххæй ницы загъта? Л а р ц и. О. 450
Кориолан. Цы загъта? Л а р ц и. Кæй хæцыдыстут къорд хатты кæрдтæй, Йæ удхæссæг кæй дæ, æмæ йæ бынтæ Лæвар кæй раттид сегас дæр, цæмæй Дæу басæтта. Кориолан. Ныр Анциумы ис? Л арци. о. Кориолан. Ехх, тæхуды уымæ уырдæм бахау, Æмæ йæ ног йæ мæстыйæ ныббырс, Дæхæдæг та кæддæриддæр — уæлахиз! Бацæуынц С ицини æмæ Б р у т. Гъе, мæнæ уын сау адæмы хъæлæстæ! Мæ уæнгæл у сæ барджын хъал каст, фестаД’ Уый мах хуызæн æвзæрст лæгтæн бынтон^ Нæ удхæсеæг. С и ц и н и. Иу къахдзæф дæр нал дарддæр! Кориолан. Куыд? Уæд цæмæн? Б р ут. Тæссаг у фæндаг разæй. К о м и н и. Цы хъазт у уый та? Мен е н и. Цавæр хабар у? К о м ин и. Уый равзæрстой æлдæрттæ æмæ адæм. Б р у т. Нæ. Хориолан. Ау, уæдæ мыл чи кодта хъæлæс? Сывæллæттæ?' 1-аг сенатор. Дард! Ауадзут æй фæзмæ! Бр у т. Фæмæсты сты нæ адæм. С и ц и н и. Раздæх, науæд 451
Уыдзæни бунт. Кориолан., Гъе, ахæм у уæ рæгъау? . Гъе, афтæ вæййы, адæймаг йæ хъæлæс Дзырдивджыты бæрны куы кæны, уæд. Цы ми ма кодтой рæгъауы трибунтæ — Йæ хъæлæетæ? Цæуылнæ йын æхгæдтой- Иæ дзых? Æви йын амидингæнæг* Уæхæдæг ма ут? * М е н е н и. Басабыр у, банцай. К о р и о л а «. Ам барæй арæзт-æрцыди фыдзæнд, Сау адæм куыд уой уæздæттыл уæлахиз. Хорз, басæттут, цæрут, кæй бон нæу хицау Уæвын дæр æмæ хицау уарзын дæр, Уыдонимæ.' Брут. Ам иу фыдвæнд дæр нæйл Хъæр систой адæм, кодтай сæ хынджылæг, Лæвар сын хор кæй радтам, уый, дам, фаудтай, Сæ сæрхъуызæйтты сын хуыдтай цъыфхортæ^ Æмæ фыдгултæ уæздæттæн. К о р и о л а н. Уый зоны Иттæг хорз рагæй алчи. Брут. Алчи нæ. К о р и о л а н. Уæдæ сын уый ды рарæйдтай? Бру т. Чи? Æз? К о м и ни. Ды ахæм митæ зоныс хорз. Бру т. Æз зонын Уæ хуыздæртæй хуыздæр цыдæртæ. Кориолан. Уæд Цы кæнын консул уæвынæй? Хæрын уьш Бæрзонд æврагъæй ард, уыдзæн мæнæн Сымах æмбал-трибун уæвын æнцондæр Уæ чъизи миты, уе ’мхуызон. 452
С й цини. Æгæр ис Хæрамгæнæн хос адæмæн дæумæ. Кæд исты хорз нысанмæ хъавыс, ракур Уæд сабыр уыцы нысанмæ фæндаг, Цæмæй йæм бафтай, — уымæн æмæ дзы, Ф>æцудыдтай, — кæд нæ, уæд консул нæ —< Трибун дæр ма нæ уыдзьинæ. Менен^. Ныууадз-ма. Комнни. .Фæсайдæуыди адæмы. Æгад у Фæ1яивын Ромы, стæй Кориолан; Æгъдауджын у, йæ кадвæндагыл хъуамæ Фæлывд ми ма уа. Кориолан. Хоры кой кæны! Æцæг дзырдтон æз афтæ, стæй зæгъдзынæн.... Менени. Хорз, хорз, фæстæдæр. 1-аг сенатор. Ныр æгæр тыхст дæ. К о р и о л а н. Нæ, ард хæрын, зæгъон æй хъуамæ ам. Цытджын лæгтæ, ныббарут мьш, фæлæ! Тæфгæнаг, иваг сау адæмæн никæд Кæнын цæстмæми. Уадз, йæ хуыз уына| Мæ ныхæсты. Зæгъын та уын: сенаты, Фыдæн сын барст кæй цæуы, уымæй тауæм Фыдгæнды, змæсты тауинаг нæхæдæг, Бындур дæр сын нæхи цæттæго-нд у: Æрбадын кодтам сау адæмы не ’мрæгъ, Бынтондæр семæ схæццæ стæм, цæмæй Хуыздæр уа сау гæвзыччытæн! М е н е н и. Ныхъхъус у. 1-аг сенатор. Дæ хорзæх ракæн: ма дзур. К о р и о л а н. Цы? Куыд «ма дзур»? Фыдыбæстыл мæ туг цы хæсты калд, Уым ме ’знæгтæй нæ фæтарстæн, ’нæ тæрсын Ныр дæр, æз уыцы хъотырджынтыл худын! Цæуæм сæм мах хæстæг, фæлæ у дарД Сæ цурæй лидзгæ. 453*
Брут. Адæмыл ды афтæ* Уæндонæй^дзурыс, цыма ды нæ дæ Лæмæгъ адæймаг, иннæтау, фæлæ —4 Æфхæрæг бардуаг. 'Сицини. Хорз уаид, æвæдза, Дæ уыцы ныхас адæмæн зæгъын. М е н е н и. Ныууадз! Иæ маст сæ срæцыгътаЗ Кориолан. Цы? Маст? Фынæй æхсæвæй сабырдæр куы уаин, Уæддæр, зæххыстæн, афтæ сæ зæгъин. С и ц и(|ни. Цæй, уый дæхицæн фыддæр у æрмæст, Æндæртæн та æдас уыдзæн. Кориолан. «Уыдзæн!» Нæ хъусут, кæф куыд раппæрста «Уыдзæн!»' Лыстæг хъуыппитæн барджынæй? К о м и ни. ЛЗппындæр Æнæзакъон ;нæу уыцы дзырд. ’К о р и о л а н. «УыдзæнЬ* 0 хорз æмæ цытджын, фæлæ фæлмæнвад,' Æмæ йæ фидæн не ’мбарæг сенат! Куыд бауагътай ды сау адæмæн, уыцьГ Сæдæдзыхонæн, равзарын хъæлæстæй Хауæллыты, — дæ уынаффæтæ дын, Æрдумæ дæр ’нæ дарджыты? «Уыдзæн», дам1 Кæд хицауиуæг уыдон ’кæнынц, уæд) Æркъул кæнут уæ куырм сæртæ сæ разы, Нæ хистæртæ; кæд нæ, ныууадзут уæд, Нæ бьщгæнæг лæмæгъдзинад. Кæд зонд и Уæ сæрты, уæд уæ митæ уæнт дæсны;1 Кæд зондцухтæ, уæд та сæ скæнут бадьш’ Уæ фарсмæ ба&тыл. Баивтат, бæлвырд, Уæ бынæттæ сау адæмимæ, иугæр Æхсæны ’мбырды уый хъæлæс фæтых Уæ хъæлæсыл. Тæрхоны лæгтæ скодтой; Сау адæм мæнæ адæтты, æмæ, Суанг бердзентæм дæр чи нæ уыдис, ахæмГ 454
Цытджын æмбырдмæ, хиуонау, æмсæрау, Сæ дзырд æппарын бауæндывц: «УыдзæнЫ Æгад кæны уый консулты, зæххыстæн!' Æмæ мын уый хъыг у, — куы зонын æз, Куыддæр дыууæ хицауады фæзыной, Раст афтæ се ’хсæн ба(бырдзæни змæст, Сæ иуæй иннæ халынмæ., К о м и н и. Æгъгъæд! Цæугæ у фæзмæ! Кориолан. Чифæнды ныллæууæд Хор адæмæн лæвар дæттыныл, — кæд/ Уый хатгай грекъ дæр кодтой... М е н е «н и. Банцай, курын! Кориолан. Уым адæмæн фылдæр -сæри’бар уыд, —, Æз ын зæгъын: уый бакуыста йæ зондæй’ Фæдызмæст æмæ ’нæсæттындзинадыл Нæ паддзахады бабынæн. Б р у т. Ау, адæм Йæ хъæлæс афтæ дзурæгæн дæтдзæн? Кориолан. Æз уыи зæгъдзынæн уый хъæлæсæй бирæ Егъаудæр хабар. Сау адæм, цымæ, Нæ зонынц, хор сын’ге ’сгуыхтмæ лæвæрД| Кæй не ’рцыд, уый? — Лæвары аккаг не стьг„ Чи бамбæхсти, фыдыбæсты зæрдæ-мæ, Куы бырста знаг, тæосаг хæсты заман Куы сидтысты фæдисы, уæд, æддæмæ’ Йæ къæсæрæй дæр чи нæ ратса-ст? А’дæм! , Куыд равдыста хæсты заман йæхи?^ Йæ бунтытæй, йе змæстытæй, фыдвæндтæй!.. Уæ сау адæм мæяг хъæстытæ сенатмæ* Кæй фæлæвæрдта, нард хæйттæм дæр ын Бар уымæн нæй. Тæппудтæ сты бынтон^ Цыхуызы ’мбары сау адæмы ахсæн^ Сенаты хорзæх! Сегас митæ нын, Зæгъынц дзырдтæй æргомдæр: «Мах стæм бирæ< Мах бахъуыд хор — æмæ нын, тæссæй ризгæ, Хор радтой». Фегад кодтам мах нæхæдæг Нæ хицауад æмæ нын сау адæм 455
Нæ хæрзиуæг тæппуддзинадмæ исынц. Сенаты дуæрттæ басæтдзысты тагъд, Сынтытæ батæхдзысты ’мæ цæргæсты Ныттондзысты. М е н е н и. Ныхъхъус у, фаг дын фод! Б р у т. Æгæр дæр ма! Кориолан. Нæ, ноджы ма зæгъдзынæн, Цы зæгъон, уый рæстадыл та хæрый Хуыцауæй ард.—Дыхицауад кæм вæййы,—\ Иу хицæуттæ кæм фæкæсынц æлгъгæнгаз Дыккаг хицæуттæм, уыдон та æдæрсгæ) Кæм фауынц уæгъды фыццæгты, æнæзонд’ Фылдæры хъæлæс æмæ но>м уæлдæр, Кæм уой уæзданæй æмæ зондæй, ахæм Дыхицауад æцæг лæгæн йæ хурхыл Хæцгæ кæны æмæ фæстагмæ уым . Æхсæнадæн йæ фидар бындур хæлы. Фæндаг кæм нæй нысанмæ, уым нысанмæ, Хæццæ 1нæ кæнынц. (Сенатортæм.) Уæдæ курын æз Сымахæй, арæхстгай, фæлæ уæндонæй! Чи архайы, сымахæй, хорз æгъдау Чи уарзы, фæлæ чи нæ тæрсы ивдтæй, Сымахæй, бирæ цæрыны бæсты Цытджынæй цæрын чи уарзы, -сымахæй, Мæлинаг тарф цы рынчын вæййы, уымæн Фæлтау тæссаг хос чи дæтты, — æз курын, Æдæрсгæ стонут сау адæмы ’взаг, Кæд нал ысдæрид адджын марг. Кæннод, Æгад кæны сенат, æмæ рæстдзинад; Ных^хъус уыдзæн, ныззаууат уыдзæн уæд^ Нæ иудзинад, — нæй хицауад æнæуи. Фыдгæнд фæтых и хицауадыл, уæд . Фæци рæстад. Брут. Мах бамбæрстам æппæтдæр! ’СИ ЦИПНИ’. Фæкодта ам фыдызнаджы ныхас Æмæ дæтдзæни дзуапп дæр куыд фыдызнаг! ^!56
Кориолан. Æлаккаг! Раздæр атондзынæ мæстæй! Сау адæмæн трибунтæ уымæн радтам, Цæмæй сæ ацы лопъосæр цъыфхортаэ Æнæсæттыныл ардауой, куыд, ау Кæд уыдысты æвзæрст та — бунты заман, Закъон уæд хæс нæ уыд, фæлæ тыхми Æмæ фæци фыдмиты рæстæг, ацыд., Фæцин кæнæм: «Уæлахиз уæит нæ бартæ! Трибунты хицауадæн та — мæлæт!» Брут. Гадзрахат ми! Сици’ни. Æмæ уый у консул! Нæ, никæд! Брут. Ардæм, хъахъхъæнæг! Бацæуы хъ ахъ хъ æ нæг. Хæцут ыл! С и ц и н и. Сид адæммæ! (Хъахъхъæнæг ацæуы.) Дæу та ам ахсын æз. Фыдызнагау, æгас адæмы номæй, Гадзрахат! Цæугæ мæ фæдыл тагьд Нæ тæрхондонмæ. Кориола"н. Иуварс, тутсæр сæгъ! Се н а т ор. Мах дзуапп дæтдзыстæм уый тыххæй. К’омини. Зæронд, Ды уымæ ма ’внал! К о р ио л а.н. Дард, кæнæ дын калын Де ’мбыд ыстджытæ ам дæ чъизи цармæй. Сицини. Æхху.ысмæ тагъд, нæ горæтæгтæ! Бацæуынц хъахъхъæнджытæ горæтæгты къордимæ. 45Т
Менен и. Гъей, Уæ дыууæ дæр ныхъхъус ут! С и ц й н и. Горæтæгтæ, Мæнæ, уæ бартæ уын чи исы, уый! Брут. Хæцут ыл, уæдæ, хъахъхъæнæг! Горæтæгтæ. Мæлæт ын! — Æппаргæ у! — Фæуæм æй! С е н а т о р. Кæрдтæ €ласут! Сегас дæр Кориоланы алыварс амбырд вæййынц. Æлдæрттæ!.. Горæтæгтæ!.. Хорз трибунтæ!,. Сицини!.. Брут!.. — Кориолан!.. Фæлæуут!.. Æххуысмæ!.. Басабыр ут!.. Сабыр, сабыр!.. М е н е ни. Цы ’рцыдис ам? Хуыдуг кæнын бынтон... Æнамонд хабар... Дзурын нæу мæ бон! Кориолан, трибунтæ, цæй, «ыхъхъус утИ Сицини, адæмы фæуром! С и ц и’ н и. Сабыр, Нæ горæтæгтæ, байхъуоут мæнмæ! Горæтæгтæ. Цæй, байхъусæм трибунмæ. — Сабыр, сабыр! Снцини. Бæллæх æрцæудзæн уегасыл дæр: консул Кæй равзæрстам, уыцы Кай Марци хъа’вы Сымах сæрибар байсынмæ. М е н е н и. Пуй! Ды Хуыссын нæ кæныс арт, фæлæ — цырендæр! 1-аг сенатор. Æрра, дæу горæт фехалын фæнды? Сицини. Æмæ цы хоныс горæт? Уый у адæм, Горæтæгтæ. Уый раст зæгъы: нæ адæм — уый у горæт. Б р у т. . Æмхъæлæс адæм бахæс кодта махæн, Тæрхоны лæгтæ уый номæй куыд уæм.. 458
Г о р æ т æ г т æ. ’ Æмæ ут, ут! М е н е ни. А-гъай дæр. К о м и ни. Ут, фыццага!у, Цæмæй иæ горæт фехæла æмæ Зæххæмвæз суа, йæ уагæвæрдтæ, йе ’гъдау Æрцæуой дурхæлддзæгты бын ныгæд! С и ц ин и. Йæ раныхасмæ маринаг у Марци. Б р у т. Кæнæ нæ бартæ бахъахъхъæнæм ныр, Кæнæ — хæрз сæфт. — Уæдæ хæссæм тæрхон Нæ равзарæг — нæ хорз адæм, дæ но-мæй/ Мæлæтмæ тагъд лæвæрд æрцæуæд Марци. С и ц ин и. Хæцут уæдæ фыдызнагыл! Кæнгæ йæ( Тарпейы цъупмæ: сæрсæфæн рындзæй* Æппæрст æрцæуæд. Б р у т. Хъахъхъæнæг, хæцут ыл! Горæтæгтæ. Дæхи ратт, Марци! М е н е ни. Иу ныхасы бар мын! Ныхасы бар, зæгъын, трибунтæ! Хъахъхъæнæг. Сабыр! Мене-ни. Фыдыбæстæн у.æхи хæлæрттæ хонут, — Уæд æй хъуыддаджы равдисут. Уæ тæвдыл; Цы сфæнд кодтат, уый ма сæххæст кæнут Тызмæгæй, тагъд-тагъд. Бру т. Хъавгæ ’мæ сындæгга^ Куы хос кæнай мæлæтдзаг низæн, уæд Рынчынæн уый тæссагдæр вæййы маргæй.— Хæцут æмæ йæ — рындзмæ ласгæ! Кориолан (йæ кард ласгæ). Нæ, Æз ам мæлын! Уæ вутæ федтой, æз’ Куыд хæцын. Цæй, уæхиуыл дæр æй фенут. 45#
М е н е 1Н и. Цæвæр дæ’ кард! — Трибунтæ, иу минут-ма Дард алæуут! Б р у т. Хæцут ыл! М е-н е н и. Тагъд, æххуысмæ! Уæздан лæг чи у, уый лæппу уа, лæг —* Æххуысмæ тагъддæр Марцийæн!1 Горæтæгтæ! Цæвут æй! Схъуырдухæн сты. Т риб у нт ы, хъахъхъæнджыты, ад>æм ассæндынц. М е н е н и (Кориоланæн). Цæугæ уæхимæ, науæд хъуыддаг фесæфт!) 2-аг сенатор. А-гъай, цæугæ, стæй тагъддæр. Комини. Нæ, ам ба’ззай! Хæлæрттæ нын фыдгултæй къаддæр нæй. М1 е не н и. Ау, туг ныккæла? 1-аг сенатор. Ма зæгъæнт нæ зæдтæ Æнамонд хабар. —Ды, нæ хорз хæлар, Цæугæ уæхимæ, хъуыддæгтæ та <махæн Нæхи бар уадз. .Ме’нени, Хъæдгомы цæф фæкодтой Ам негасæн, йæ бабæттынæн иунæг Дæ бо1Н цы у. Цæугæ. К о м и н и. Дæ фæдыл — мах дæр. К о р и о л а ’Н. Цæуылнæ фестынц варвæртæ, сæ хуызæн Куы сты ам, Ромы райгуыргæйæ; йе сæ Цæй тыххæй -хонæм ромæгтæ, сæ хуызæн Куы не сты, кæд æвзæргæ скодтой уæртæ Хох Капитолы раз, уæддæр? М е « е н и. Цæугæ, Дæ маст у раст, фæлæ фæраз, æууæнд: Æрцæудзæн мастисæн бо>н. 460
К о р и о л а я. Иу-фæндзай Ныццæгъдин а’хæмты. Мем е н и. Æз дæр ныллæууин. Мæ къахæй иу-дыууæ хуыздæр трибуныл. Комини. Фæлæ «æ сау адæм хыгъдæй ныббыр-сдзæн. Æркæлынæввонг агъуысты раз лæуу—» Уый нæу лæгдзинад, уый æррадзинад у. Цæй, ацу, цалынмæ нæ раздæхт адæ^ Æмæ нырмæ цæй раз лæууыд æнцад, Гъеуый дæр, фурдау, н’ а!фæлдæхта. Ме/н е н и. Ацу, Кæд ма мæ зæронд зондæй ацы ’рраты Ныхъхъус кæнин. Лæгæн куы вæййы тас, Уæд ын чьюыл æххуыс дæр у ахъаз. К о м и н и. Цом. Кориолан, Ко мини æмæ иннæ тæ ацæуынц. 1 - а г æлдар.( Цæхгæр у тынг, æнцой цæрын нæ зо-ны. Мæлæтæй йæм æртхъирæн кæн, уæддæр’ Хуыцæуттæн дæр нæ ракæндзæн цæстмæми. Йæ дзырд æмæ йæ хъуыды сты æмхæст,—< Цы зæгъа зæрдæ — йе ’взаг та йæ сдзуры. Мæсты куы уа, æрбайрох кæны уæд, Мæлæт циу, уый. Фæссценæйæ хъуысы хъæлæба. Ехх, уыдзæн хъуыддæгтæ! , И - а г æл д а р. Сæ хуыссæнты куы фестиккой фынæйæ. Мен е ни. Нæ фæлæ—Тибры цагъд мæрдтэ&й! Дæлимон! Цæуылнæ сæм уыди лæгъздæр! Бацæуынц Брут æмæ Сицини адæмы къордимæ. •Сицина / Цы фæци! Кæфхъуындар, Ромы чи кæны æдзæрæг, Цæмæй дзы опаддзах уа? 461
М е/н е н и. Цытджын трибунтæ... Сицини. ’ Кæй ралæууыд закъоны ныхмæ ’ам,—’ Æппæрст æруæудзæн уый тыххæй Тарпейæ^ Йæ къух цы хидауады ныхмæ систа, Иæ закъонмæ гæсгæ йын уый кæндзæн Тæрхон йæхæдæг. 1-аггорæтаг. Уадз йæ зæрдыл дара, Хæлар трибунтæ адæмæн кæй ысты Хъæлæстæ, мах та уыдонæн — сæ къухтæ. Горæтæгтæ. Уадз базона! М е.н е н и. Æрбайхъусут-ма... С и ц ин и. Банцай! М е»н е н и. Цæмæн хъæуы «хæцут» хъæр кæнын — арсæн Æрцахсæн ис æнæ’хæстæй. С и ц и н и. Дæ фæрцы Мæлæтæй бамбæхст! М е.'Н е н и. Бауадз мæ зæгъын — Йæ хæрзиуджытæ æз нæ зонын къаддæр Йæ сахъат митæй консулæн. С и ц и н и. Уæд цавæр? М е н ен и. Кориоланæн. Бру т. Консул? Уый? Горæтæгтæ. Нæу, нæу! М е н ен и. Зæгъон, хорз адæм, иу-дыууæ ныхасы Цытджын трибунты разыйæ, æрмæст Хæрзцыбыр рæстæг байсдзынæн сымахæй. С и ц и н и. Цæй, дзур, фæлæ цыбырæй: хъуамæ ма# Пырхгæнаг марг йæ бындзæфхадæй стонæм Æвæстиатæй. Не ’знаджы «æ бæстæй 462
Куы фæсурæм, уæд нын уыдзæн тæссаг, Куы йæ ныууадзæм ам, уæд у нæ сафæг. Мæлæт ын абон! Менени. Ма зæгъæд хуыцау, Ром арфæгонд цы фырттæй у, хъаруйæ Йæхицæн намыс чи скодта, Юпитер’ Бæрзонд бынаткæй рухс нæмттæн дæтты, Ром уыцы сахъ хъæбулты ныр йæхæдæг Хъæддаг сырды хæрд бакæна? Нæ, нæ! Сицини. Хæрам у буарыл. Уый хъæуы лыг кæнын. . Ме н ен и. Уæнг у, хæрам уæнг. Уый дзæбæх кæнын Æнцон у, фæлæ й’ алыг та — мæлæтдзаг. Цæуыл æй марут, Ромы знаг цæмæй у? Йæ фыдгулты йын сафынæй? Æви, Цы туг æм ис, фыдыбæстыл кæй радта Фылдæр туг, уый тыххæй? Цы ма дзы баззад, Уый акалгæйæ, худинаг кæнут Уæхи мыггагмæ. С и ц и н и. Дзæгъæлы ныхæстæ! Б р у т. Хæрз æдылы. Уый адæм уарзтой тынг, Фыдыбæсты куы уарзта, уæд. Ме н ен и. Нæ зæнгæн Аргъ нал фæкæнæм, бирæ хорз лæггады Фæстæ куы бахуыскъ вæййы, уæд? Б р ут. Æгъгъæд! — Цæут йæ хæдзармæ æмæ йæ ардæм Æрласут, науæд ахæлиу уыдзæн Фæйнæрдæм маргниз. Мен е н и. Багъæцут, фæлæуут! — Æрбайхъусут-ма иу цыбыр ныхасмæ. Ныр Марцимæ домбæйтты бырст кæиут... Куы бамбарат, цы фыд хæосут нæ бæстæн,— Уæ къæхтыл ма уæззау дуртæ бæтдзыстут, Фæлæ, уый зо’нут, байрæджы уьтдзæн. Уадз алыг кæнæд тæрхондон йæ хъысмæт, Кэед нæ, уæд бæстæ сызмæнтдзæн (уый уарзынц!) 463
Æмæ Ром халынц ромæгтæ сæхæдæг. Б р ут. Кæд афтæ у... С и цин и. Цы дзæнгæдамæ хъусæм? Закъанæн аргъ куыд кæны — мах æй федтам! Чи надта хъахъхъæнджыты? Йе — трибунтæя Ных чи лæууьгд? — Æрласут æй, цæугæ... М ен ен и. Рох ма кæнут, цæйбæрц хæстыты уыд, Æхсаргардæй куыд арæхсы: ныхæстæ Æвзарыныл нæу ахуыр æмæ сæ Хæццæйæ калы, цъата æмæ ссадау; Мæн ауадзут, æз æм цæуын. Уырнæд уæ, Фæзындзæни уæ тæрхонмæ, закъонæй Уæ карз иыхасæн ратдзæни уый дзуавд Хæрз сабыргай. 1-аг сенатор. Хæларзæрдæ трибунтæ, • Гъеуый æцæг лæгуарзон фæндон у, Кæннод ныккæлдзæн туг æмæ фæстагмæ Цы расайдзæн, уый абон нæу бæрæг. С и ци н и. Уæдæ, хæларзæрдæ Менени, архай Сæ кадджын номæй адæмæн. (Адæммæ.) Рæстæгмæ Æруадзут гæрзтæ! Брут. Фæлæ ам лæуут! С ид и н и. Кæсдзыстæм уæм æнхъæлмæ, уæртæ фæзьг,, Фæлæ æнæуи раздæхтæ, уæд зон: Тыхласт æрцæудзæн. М ен е н и. Уый уыдзæни мемæ. (Сенатортæм.) Уæ хорзæхæй, мæ фæдыл цом. Уьщ хъуамæ^ Фæзына, науæд сæфæм. 1-аг сеиатор. Раст у, цом. Ацæуынц. 464
2 СЦЕНÆ Уат Кориоланы хæдзары. Бацæуынц Кориолан æмæ æлдæрттæ. Кориолан. Кэенæнт æртхъирæн, бабæттæнт мæ цалхыл, Бæхты къæхты бын амарæнт, йе уадз Тарпейы хохау самайой дæсгæйттæ, Йæ цъуппæй мæ куы ’ппарой, уæд йæ бын Куыд нæ уынон — уæддæр ныр чи дæн, ахæм Уыдзынæн семæ. 1 - а г æ л д а р. Марци, ды уæздан дæ! К о р и о л а.’Н. Æз ууыл дис кæнын æрмæст, мæ мад Разы кæй нæу мæ митæй, алкæд-иу сæ Хуыдта хъуынхъисджын фос, æппынæдзух Хæрз нюцæуыл дæр чи фæкæны базар, Кæнæ къæпдзыхæй чи фæбады ’мбырды, Йе — гом’сæрæй, æнæсыбырттæй чи Фæхъусы мæнæ ме ’мсæр лæгтæй исчи Куы фæдзуры хæст æмæ фарныл, уæд. Бацæуы В о лу мни. Дæ кой кæнын. Цæмæн дæ бахъуыд, цæй-маг Æрдзæй цы дæн, уый аиво<н, фæлмæн уон, —А Фæлтау мын зæгъ, цæмæй мæ уаг фыццагауг Æнæхæлд уа, мæхи хуызæн. В о л у м н и. Лæппу, Дæ уæлæ скæн дæ барджын дарæс раздæр, Ихсийын та йæ уый фæстæ кæн. Кориолан. Æз Бызгъуыр дарæс нæ дарын! В о л у м н и. Бар дæ уыд, Цы уыдтæ, уымæй баззайынæй, ба-рæй’ Куы не ’вдисис дæхи фыдгултæн, уæд. Нæ дæм уаиккой афтæ тынг фыд-зæрдæ, Рæстæгмæ сæ куы ’мбæхстаис дæ фæнд: Куы ’рфидар уай, уæд ницыуал уыдаид Сæ бон дæуæн. 30 Шекспир 465
Кориолан. Рындзагъд æрбауæд сау бардз! В о л у м н и. Бындурзылд фод. Бацæуынц М енени æмæ с енато р тæ. Мен-ени. Зæгъын дььн: тынг тызмæг уыдтæ, æгæр тынг. Цу, баздæх, хъуамæ сраст кæнай дæ рæдыд. 1-аг сенатор. Æндæр хос нæй. Цæугæ, кæд нæ, уæд Ром Дыдих кæны, уæд бабын уыдзæн горæт. Во,лумни. Дæ хорзæхæй, сæ коммæ кæс. Дæуау Æз дæр мæ фæндæй фенкъуысын нæ уарзын, Фæлæ уæддæр, куы бахъæуы — мæ зонд, Мæ судзгæ масты сабыр кæны, уæд. Менени. Ды раст зæгъьгс, æхсин! Ныры тыхст рæстæг Фыдыбæстæн нæ домы ахæм хос,— Уæд райстаин хæцæнгæрзтæ мæхæдæг, Цæмæй мæ хæлар фосы раз йæхи Æгадæйхиза. К о р ио л а’Н. Мæн кæнын цы хъæудзæн? Мен-ени. Трибунтæм мемæ рацæуын. Кориолан. Æндæр ма? М е н е н и. Дæ ныхæстæй рæдыд зæгъын сæ разы! Кориолан. Сæ разы? Нæ, (нæ бакæнин æз уый Канд уыдон нæ — хуыцæутты раз дæр никæд! В о л у м н и.< Æгæр нæсæттон дæ. Уæздандзинадæн Сæрбахъуаджы бон фембæлы куыддæр Ныгъуылд уæвын. Дæхæдæг мын дзырдтай, Зæгъгæ, лæгдзинад æмæ хинвæнд хæсты Лымæнтæ сты. Уæд фидыды рæстæг Цæмæн кæной быцæу æмæ кæрæдзи Цы ’фхæрой? Кориолан. Ма дзур. 466
М е н е н и. Тынг раст дæ. фæрсы. Волумни. Кæд хæсты хин ми худинаг нæ вæййы, Кæд нын уæлахизæн æххуыс кæны, Уæд æй цæмæн нымайьгс ды æгадыл Ныр, сабыр заман, хин ми кæд дæуæн Пайда у, уæд? К о р и о л а н.. Бæлвырд: цы зæгъинаг дæ? В о л у м н и. Уый, æмæ адæмимæ баныхас кæн, Æцæг, дæхи куыд фæнды, афтæ нæ,— Дæ мæсты зонд цы домы, ууыл ма цу, — Фæлæ хæрзуазал, хус ныхæстæй, хъуыды, Дзæгъæлгуырдты куыд арф æмбæхсынц, афтæ Чи бафснайа. Мæ хъæбул, баууæнд мыл, Уый, тугкалæн хæстыты бæсты, горæт Лæгъз ныхаюæй куы райсай, уыйау у, —■ Æгад ми нæй. Хæрьин дын ард, дæ раны Цынæ хуызы æфсон кæнин, — æмæ дзы Æгаддзинад нæ уынин. Æз, дæ фырт, Дæ ус, сенат, æлдæрттæ — негас курæм Æрмæст гъеуый. Дæу та фæнды кæсын Сау адæмы æфхæрынæн тьгзмæгæй. Фæлтау æм иу хатт мидбылты фæхуд Цæстмæмийау, æмæ дæу уа йæ зæрдæ, Кæннод — дæхæдæг хорз æмбарыс, хъуыддаг Хæрзсæфт кæны. Менени. Хуыздæрты хуыздæр ус! (Кориоланæн.) Цом немæ ныр. Дæ лæгъз ныха’сæй ды, Цы стыр тас у, уый акæндзынæ иуварс, Цы фесæфтай, уый ссардзынæ. В о л у м н и. Лæппу, Æз курын, цу сæм, худайстæй, — хæц ыл Дæ къухы — афтæ, цонджыкъæдз — фæстæуæз, Сæхихуызон. Дæ уæрджытæй сындæггай’ Æрныдзæв дуртæм, — ахæм рæтты змæлын Ныхæстæй цас тыхджындæр у! —^сæ -цæст Цыргъдæр у ницыфенджытæн сæ хъусæй, — > 467
Æмæ дæ сæр разыйæ тил, дæ зæрдæ Ныхъхъус кæн, науæд иу аныдзæвд дæр Нæ уромы, рæгъæд тутайау, тоны. Гъе стæй сьш зæгъ, ды се ’фсæддон кæй дæ, Кæй нæ фæгæрз дæ сау хæстыты мидæг^ Уæздан митыл, уæ бартæм гæсгæ мæ Сымах кæй домут, ахæмтыл, фæлæ, зæгъ, Мæ но’мæн иугæр кад кæиут, уæд уын Æвæрьш ныфс, мæ зæрдæйы уаг дарддæр Кæй дардзынæн уæ домæнтаам гæсгæ. М е н ен и. Ды бакæ ’рмæст, дæ мад цы загъта, уыдон, — Сæ зæрдæтæ дæу бауыдзысты, — адæм Ныббарынмæ—куы йæм бахата’й, уæд — Рæдаудæр вæййы, афтид хус ныхæстæй. В о л у м н и. Кæд дын зын у æмæ фыдгулæн ды Дæхи йæ фæдыл фехсдзынæ зындо;нмæ, Цæйнæфæлтау цæстмæмитæ кæнай Йæ разы ды, уæддæр — сæ коммæ ’бакæс, Дæ хорзæхæй. Бацæуы Комини. Кæс-ма, фæзьгнд Комини. К о ми н и. Тындзын дæм фæзæй. Йе, Кориолан, Тыхы ныхмæ тых равдис, йе та — басæтт, Кæнæ — тагъд лидз. Æнæхъæн горæт сыстад. Мен е н и. Æрмæст дыууæ лæгъз ныхасы... К О М И .Н И’. О, о, Уæд хорз у хъуыддаг, кæд сæ разы Марци Уа сабыр, уæд. В о л у м н и. Хъæуы, — уыдзæн уæд сабыр. Мæ хъæбул, десразымæ кæсын æз. •К о р и о л а н. Уæдæ зæгъоч æз сау адæмæн хъуамæ, Йæ разы худайстæй кæй лæууын, уый? Æлгъаг æвзагæн амонон, куыд кæна^ Ныфсхаст зæрдæйы хахуырæй æгад? Хорз, æз цæуын, фæлæ уый зонут: хъуыддаг Куы цæуид ацы буаргъуызыл æрмæст, • 468
Кориолан кæй хонут, ууыл, уæд Æз уый цъæх арты басудзынæн раттш, Стæй — тауынмæ, цæинæфæлтау... Цом фæзмæ, Æниу, цы роль мьш хъазын кæнут, уьгй Мæ бон нæу нйкæд. КОМИ1НИ. Баххуыс дын кæндзыстæм. В о л у м н и. Мæ хур, дзырдтай-.иу, зæгъгæ, дæ лæгдзинад Кæй-иу дæ «стыдтон, уый бауагъта. Кæд Дæу 1ног фæнды мæнæй æппæлын хъусын, Уæд ахъаз роль, кæй нæ хъазыдтæ, ахæм. Кориолан. Цæй, афтæ фод. Хæрзбон, сæрыстыр уд! Уадз бацæуа хъахбайы уд мæ риуы! Уадз, барабантæй чя нæрыди тынгдæр, Мæ уыцы хъæлæс, уадьшдзы цъыс-цъыс Кæна, æрдыст нæлгоймаджы хъæлæсау, Уадз, мад йæ фынæй <сабййæн сындæг Куыд фæза!ры, раст афтæ <сабыр дзурон, Цагъары мидбылхудынæй мæ дзых Зыльш ,кæна; мæ цæстььсыгтæ згъæлой, Сывæлло!ны кæугæ куы фенон, уæд;' Кæна къæдз-мæдзы, уаллонау, мæ дзыхы Дзæгъæлхæтаг мæгуыргуры æвзаг; Уадз, ме ’згъæрæмбæрзт уæрджытæ, æрмæст-иу Æгъдæнцойтты тыххæй чя тасыд, уыдон, Ныкъкъæдз уой ныр, мæгуыргуртау!... Нæ, нæ! Мæнг ’митæ кæнын нæу мæ бон мæхи раз, Нæ комы буар æнаккаг ми кæньин, — Мæ уд ы.л ахуыр не ’аси. В о л^м н и. Бар дæхи! Дæу разы æз мæхи цæй’бæрц æруагътон, Сау адæмы раз не ’руадзис дæхи Ды уыйбæрц. Бæстæ -бабын уæнт! Дæ мадæн Дæ сæрьистырæй фесæфын хуыздæр, Цæйнæфæлтау дæ хивæнд сомбон Ромы Куыд фесæфдзæнис, уый фена. Дæуау, Æз дæр мæлæтыл худын. Кæн цыфæнды! Ды ме ’хсыримæ бададтай хъару, Сæрьистыр та дæхицæй у. Кориолан. Хорз, хъаст мæ 469
Æгъгъæд кæн. Бацин кæн, Мæ мад. Цæуык Æз ’базары фæз’мæ, уьгм уарзовдзинад, Маймули’йау, къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ, Дæлдæртæй ракурдзынæн æмæ дæм Сæ зæрдæимæ раздæхдзынæн ро<маг Сæудæджерты хуыцауæй. Мад, уыныс — Фæцæуын æз. Мæ бинойнагæн арфæ. Æрбаздæхдзынæн консулæй; кæд нæ, Уæд-иу æнхъæлмæ мауал кæс, козбаудзырд Зæгъдзæни ме ’взаг, уымæ. В о л у м н и. Бар дæхи. (Ацæуы.) К о м и н и. Цæуæм. Трибунтæ ’нхъæглмæ кæсынц. Хъуамæ Уай коммæгæс, хæрзсабыр, уæд сæ гæрзтæ! Æруадздзьисты; æз фехъуыстон, цыма. Фыццагæй карздæр дзурдзысты. Кориолан. Цæй цомут. Кæсдзьинæн коммæ. Цавæрфæнды мæнп Зæгъой мæнæй — æппæтæн дзуапп дæтдзынæн I Йæхи аккаг. Менени. О, фæлæ ’рмавст сæттонæй. Кориолан. О, уый а-гъай^ сæттон, сæтгои, сæттон. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Форум. Бацæуынц С ицини æмæ Б р у т. Б р у т. Уæлдай тынгдæр та уый æвдис, кæй хъавыд Тиран уæвынмæ; исты хуызы дæ Куы багæды кæна,, уæд ^та-иу радзур, Кæй уыди ратæй адæмы фыдгул, Æмæ тæлæт дæр уый тыххæй нæ радта, Кæй байстой анцийæгтæй, уымæй,— 470 Бацæуы хъ ахъхъæнæ г.
Куыд? Æрбацæудзæн? Хъахъхъæнæг. Фæзыедие. Брут. Иемæ чи ис? Хъахъхъæнæг. Зæронд Менени, йе ’рдхорд, æмæ иукъорд Сенаторы йæ хæрзгæцджытæй. Сицини. Номхыгъд Дæхимæ ис, с’æ хъæлæстæ кæмæн Фæнысан кодтам, — сегасæн дæр? Хъахъхъæнæг. Ам и. Б р у т. Кæм цæрынц — алкæй фарстай уымæй? Хъахъхъæнæг. О. С и ци н и. Дзур адæмæн, куыд бамбарой бæстон, Æмæ куы зæгъон; «Адæмы «сæраппонд Фод афтæ!» Стæй куы фæхъæр кæнон æз: «Ивар!» Кæнæ «Мæлæт!» Кæнæ та «Сургæ!» — Уæд, иу лæгау, куыд фæзмой мæн: «Ивар!»— «Ивары» фæстæ, та «Мæлæт!» «Мæлæт ын»! Зæгъгæ, уыдыстæм бархи раздæр мах, Æмæ рæстдзинад абон дæр у мах фарс. " Хъахъхъæнæг. Мæ бар сæ уадз. Б ру т. Куы стынг уа хъаугъа, уæд Сæ хъæрæй мауал баюабыр уæнт адæм, Кай Марци нын нæ хаст тæрхон кæдмæ Нæ сæххæст кæна, уалынмæ. Хъахъхъæнæг. Æмбарьвн. С и ц и н и. Æмæ сæм мах куы бадæттæм ньисан, Уæд архайæнт æвæстиатæй. Б р у т. Уайгæ. Хъ ахъхъ æнæг ацæуы. 47!
Æваст-иу æй фæкъæртт кæн исты ’фхæрдæй, Фæцагхуыр алкæм, тынгдæр та быцæуты, Фыццаг уæвын. Куы йæ смæсты кæнаи, Уæд хиуылхæцын айрох кæндзæн уайтагъд,— Цыдæриддæр йæ зæрды ис уæззауæй —< Зæгъдзæни сæ. Хуыздæр цы хъæуы мах! Гъеуымæй Марди астæусаст фæуыдзæн. Бацæуынц Кориолан, М енени, Ко миниу с е наторт æ æмæ æл дæрттæ. С и ц и н и. Æ,рбацæуы. М е н е н и. Быхс-иу, фæраз-иу — курын. Кориолан. Хорз, бардзынæн, мызды мурыл фыдæлгъысг Цы бæхтæрæг фæбары, уыйау. — Ромы, Хуыцау, ды хиз! Тæрхон кæныныл нæм Æрбадын кæн æгъдауджын лæгты! Тау нын Хæларад не ’хсæн, кувæндæтты кад Куыд кæнæм фарнæн, уынгты та нырау, Нæ кæрæдзи куыд нал тонæм. 1-аг сенатор. Амин. Менени. Уæздан фæндон. С и ци н и. Æрбалæуут хæстæгдæр, Горæтæгтæ. Хъахъхъæнæг. Ныхас трибунтæн! Сабыр! Кориолан. Фыццаг мæнæн. Трибунтæ. Цæй, хорз, зæгъ уал. (Горæтæгтæн.) Гъей, хъусут! Кориолан. Цы зыльш дæн, зæгъдзьистут мын æй ам, Æ’мæ -бæлвырдæй ам уыдзæн уæ тæрхон? С и ц и н и. Ды уал дзуаоп ратт: ,нæ адæмы тæрхон Æххæст кæныс æнæуæлдай ныхасæй, Трибунты бартыл разы дæ, стæй ш Цы фыдгæнды зылынгонд цæуай, ууыл 472
Цæттæ дæ бафхæрд райсынмæ? Кориолан. Цæтгæ. Менени.. Ды хъусыс, адæм! Загъта уый: «Цæттæ», Дæ зæрдыл дар йæ хорз хæстон хъуыддæгтæ, Ма ферох кæн, йæ буарыл та кæй ис, Нæ уæлмæрды цыртытæ цас и, уымæй Дзæвгар фылдæр хъæдгæмттæ. К о р и о л а н. Нйцы сты! Цъæррæмыгъсттæ, уæлæнгай! Менен’И. Зонут, кæд Не ’мгорæтадг ныхас зæгъынмæ ’взæр у, Уæддæр хаесты уæ хуыздæр хæстон у. Цæхгæр лæг у, фæлæ хæрам нæу, уымæн Æмæ сымахмæ нæу фыд-зæрдæ, уый’ Салдатау у дæрзæг æмæ æнæхсæ’ст. Комй’ни. Æгъгъæд у ууыл. К’ориолан. Уадз эæгъой мын адæм, Æмхъæлæсæй куы равзæрстай мæ ном, Сæ фæндон уæд куыд аивтой, цæмæн мæ Æгад кæнынц? Сйцйни. Ам дзуапдæттæг мах не -стæм, Ды дæ. Кориолан. Ды ра’ст дæ. Дзуапп дæтдзынæн. Дзургæ. С и ц и ни, Зылын а<æнæм дæу уый тыххæй, дæхицæй’ Тиран кæй кодтай, Ромы уагæвæрд Æмæ закъонтæ халынвæнд кæй кодтай. Гъе уымæ гæсгæ мах нымайæм дæу Нæ адæмы ызнагыл. К о р и о л а н. Æз — ызнаг! Ме н е н и. Тæвд ма кæн! Рох дæ ма уæд, ард нын хордтай. К о р И’ о л а н. Зындоинаг арт, фæнык^дæ фестæнт адæм! Ыз-наг, дам? Æз? Мæнг, хахуыр дæ, три’бун! 473
Дæ цæстыты куы ахстæттæ кæниккой ’ Мин-мин мæлæты, мин хатты фылдæр та Дæ мæнг æвзаг æмæ дæ къухты ’хсæн Куы эдыясюккой, зæгъин уæддæр дын: «Сайыс!» —’ Æмæ хуыцаумæ кувынæй уæлдай Нæ фæтæрсин æппындæр. С и ц и ни. Хъусут, адæм? Горæтæгтæ-. Æппаринаг у къæдзæхæй! С и ц и ни. Æнцад! - Мах нал хъæуы æндæр аххостыл дзурым. Бæрæг нын у йæ ныхæстæй, йæ митæй: Сымах æлгъыста, не ’ххуыедарты надта, Закъоны ныхмæ рацыдис æд кард, Ныр та, тæрхон ын чи хæсдзæн уæ иомæй, Йæ марг фæкалдта уыдоныл. Уæдæ Гадзрахатæй паддзахадыл разылд Æмæ у маргæ. Брут. Фæлæ Ромæн хорз Кæй кодта службæ.., Кориолан. Службæйыл нæ дзурæм! Брут. Цы зонын, ууыл дзгурын æз. Кориола’н. Ды — зоныс? Ме н е н и. Æрбайхъус-ма, дæ мадæн ард куы хордтай... К о м и и и. Æ-рымые, курын... К о р и о л а н. Нал мысын, нæ хъусын,— Мæн нал фæнды. Уадз, фехъусын кæной, Кæй раппардзыеты мæн Тарпейы цъушхæй, Кæй ’мардзысты мæн акаэсты сыдæй, Бон хоры нæмыг даргæйæ, мæ царм мын Кæй стъигъдзысты, кæй фæеурдзысты мæн, — Хатыр мæхицæн не ’лхæнын лæгъз дзырдæй, Нæ фидауын зæххон хæрзтыл дæр æз, Трибунтæн мæ «уæ райеом хорз» зæгъынæй Зьгндæр куы ницы бахъæуид, уæддæр. 474
С и ц и ни. Кæй æвдыста кæмдæрвддæр æрвылбан Фыдхæрамдзинад, адæммæ, тыхæй сын Сæ бархиад кæй иста, стæй уæд абон Кæй бафхæрдта цывджын тæрхоны ном, •Нæ тæрхоны лæгтæм йæ къух кæй смста, Гъеуымæн ыл мах, хъомысджын трибунтæ, Нæ бартæм гæсгæ, адæмы фæндæй Кæнæм ныр хъоды, сурæм æй мыггагмæ Æмæ ма искæд Ромы къæсæрæй Куы ’рбахиза, уæд уый Тарпейы цъуппæй1 Æппæрст æрцæудзæн. Адæмы сæрайпо’нд’ Фод афтæ! Гор-æтæгтæ. Ромæй айс д&хи — фод афтæ! — Фæсурæм æй! —Фæсурæм æй! — Фæсурæм! К о м и ’н и. Æрбайхъусут, зæрдæхæлар лымæнтæ... С и ц и н и. Хъуыддаг лыг у, мах ницæмæуал хъусæм. К о м и ’н и. Нæ, байхъусут. Мæхæдæг уыдтæн консул, Нæ горæт Ромы знæгты къухвей ис Мæхипæн бирæ стыр ностæ мæ буарыл. Фыдыбæстæ зынаргъдæр у мæнæн, Сыгъдæгдæр у мæхи цардæй, мæ къайы Цыт æмæ но’мæй, ме ’нхъæлцау — мæ рæзгæ Хъæбултæй. Æз зæгъын сымахæн... С и ц и н и. Цы? Цы зæгъинаг дæ — рагацау æй зогаæм. Брут. Цы ма йыл дзурæм, тард куы ’рцыдис адæм Æмæ фыдыбæсты фыдгулæй, уæд? Фод афтæ! Горæтæгтæ. Раст у! Афтæ фод! Фод афтæ! К о р и о л а н. О чъизи куиты ’рдонг, мæ уæнгæл у, Æм’быд цъымараты тæфау, уæ улæфт, Уæ уынд, уæ хуыз æлгъагдæр у мæнæн Æнæ ныгæд тæфгæнæг мæрдтæй. Сурын^ Сымах мæхипæй. Баззайут, цы стут, Раст ахæмтæй: уæ дзырд æрвылбон ивут, 475
Фыдгулты раз зыр-зыр кæнут æдзух, Тæсмард æмэё зæрдæскъуыдтæ куыд кæнат! Уæ хицæуттæ уын уе ’хкжнæй тæрæнг Уæ хъахъхъæнджыты, цалынмæ уæхæдæг^ Уæ сæрхъæндзинад/ба’мйарат (еымах Нæ уьвнут раздæр уе ’ншонд, уынут æй Æрмæст куы ’рцæуы, уæд), уæ ихсыд зош(— Уæ фыдызнаг (уæхи уæхæдæг сафут) —’ Сымах фыдгултæн ратдзæни цагъармæ, ^ Æнæхæцгæ уæ басæтдзæни знат! Сымах фыдæй мын сæнад и мæ горæт, Мæ чъылдым æм нырæй фæстæмæ здахын: Нæ зæххон дуне иунæг Рамæй нæу. Кориолан, Комини, М енени, с енатортæ æмæ æлдæрттæ ацæуынц. Хъахъхъæнæг. Цæуы, фæцæуы адæмы знаг махæй^ Горæтæгтæ. Фæсырд и не ’знаг! Ахъуытты ис! У! Хъæр кæнынц æмæ хæрдмæ сæ худтæ ’хсынц. Сицини/ Цæут йæ фæдыл Ромы фидар дуæрттæм Æмæ-иу уыл куыд хæрамæй худт уый, Уæхæдæг ыл фæхудут афтæ. Мах та Æд хъахъхъанджытæ горæтмæ цæуæм. Горæтæгтæ. Нæ хорз трибунты хъахъхъæиут, хуыцæуттæ! — Йæ фæдыл цомут къæсæрмæ! — Цом, цом! Ацæуынц. 476
1СЦЕНÆ Ромы дуæртты раз. Ъацæуынц К о р ио лан, В о л у мни, Вале ри, М енени, К о мини æмæ иукъорд æ р ыгон æ лд ар Кориолан. Кæугæ пæ. Ам хæрзбон зæгъæм ’цыбырæй. Цæваг æмæ сæдæсæрон хъомвос, Мæн федде кодтай горæтæй. О мад, Цы фæци де ’хсар? Афтæ-чу куы дзырдтай, Уæззау зынтæ тыхджын удтæн вæййынц Сæ хъару ’взарæн, рог æнамонддзинад Рæстæмбис лæг дæр уромы, —æнцад Куы вæййы фурд, уæд дзы цыфæнды нау дæр Рæвдз ленк кæны; фæлæ хъысмæтæй рард Тыхджын цæфтæн лæууынц, къæдзæхау фидар Æрмæст хæрзуæздан, арфзондджын лæгтæ. Дæхæдæг мын ,куы фæамыдтай уыцы Рæсугъд хъуыдытæ. — Ме ’хсары бындур, Мæ уды фидар хох. В и р ги л и. О зæдтæ, зæдтæ! Кориолан. Уюай, дæ хорзæхæй... В о л у м н и. Бындзагъд ныккæнæд Сырх-сырхид рын æгас Ромы цæрджыты — Æрмгусджыты, сæудæджерты! Кориолан. Цæмæн?
Куы нал уон ам, уæд мьгн тсæндзы’сты аргъ. Мащ, фидар лæуу. Дæхæдæг-иу дзырдтай, Зæгъгæ, куы уавд Геркулес дæ мой, Уæд йе ’сгуыхтæн дæхимæ айсис се ’мбис, Цæмæй йын уа æнцон’дæр. — Цæй, хæрзбон, Мæ мад, æф<син. — Комини, ма тыхс, кæд Нæ фесæфин, — Мæ иузæрдыг Менени, ’ Дæ зынцæссыг цæхджындæр у мæнæн, Æрыгæтты цæасыгтæй. Уый еыя марг у Дæ цæстытæн. (Коминимæ.) I Мæ раздæры фæтæг, ’ Хъуыды кæнын, зæрдæсæлæн фыдныетæм Куыд фæрæзтай æдыхст цæстæй кæсын. Уæдæ зæгъ мæнæ ацы сылтæн, ахæм Æнæрцæугæ цæфты раз ниуын —уый Кæй у, æррайы худынау, сæрхъæн ми. — Ды зоныс, мад, мæ лæгдзинад уыди Дæуæн зæрдæйы фидары хос алкæд. Уæдæ æууæнд, кæд иунæгæй цæуын, Хъæды лæгсырдау, — уый нæ уынынц адæм, Æрмæст ыл дзурынц аргъæутты, фæлæ Йæ койæ дæр æм.ризæджы фæризынц, —I ■ Уæддæр дæ фырт бæрзондмæ схиздзæн ног, Кæд æй сæ хинтæй не ’рьшпарой адæод. Волумни. Мæ фыццаг хур, кæдæм цæуинаг дæ? Уадз ацæуа хæларзæрдæ Комини/ Дæ фæдыл ца-сдæр. Ахъуыды кæн хорз Дæ фæндагыл, æнæнхъæлæджы тас ыл Куыд ницыхуызы бавзарай. К о р и о л а н. 0 зæдтæ! , Комини. Цæудзьгнæн демæ иу мæйы бæрц æз, Стæй фендзыстæм, кæм хуыздæр уа ныллæууын, Цæмæй хабар кæрæдзимæ кæнæм, Æмæ нын фадат уый фæстæ куы фæуа Дæ раздæхыныл арха’&ынæн, уæд Дæу агурæг æгас бæстыл нæ зилæм: Бæстон — бæлвырд куы нæ зонæм, нæм дæ, Уæд бардæтджытæ курдиатмæ хъусгæ Нæ кæндзысты лæмбынæг! 478
^ о р и о л а н. Нæ, хæрзбон! Лæппу нæ дæ, æф’сæддоны хъуыддæгтæй Æгæр æлгъæд дæ, мемæ ма цæуай, Унй мапхон расг. Зæгъут/мын ам фæндараст.— Æфсин, мæ мад, зынаргъ лымæнтæ, стæй’ Сьшах, мæ сыгъдæг, ме ’нæхин хæлæрттæ, Цæуазм. Куыддæр фæдуарæдде уон, афтæ Зæгъут: «Фæндараст!» — бахудут уæ мидбыл. Цом, хурын. Цалынмæ уын зæхх нæмом, Уæдмæ фæд-фæдыл хабæрттæ цæудзысты Мæнæй .сымахмæ, фæлæ никуы ничи Зæгьдзæни, Марци фендæр и, зæгъгæ, Фыццагау нал у. Ме н е н и. , Æз -мæ цæрæнбонты Нæ фехъуыстон хуыздæр ныхас. Æгъгъæд у Кæуынæн. Цоьмут. Ехх, уæд та дæс азы Куы ’рхауид а зæронд уæхсчытæй, ард дын Хæрын хуыцауæй, ацæуин дæ фæдыл Кæдæмфæнды. К о р и о л а н. Æри дæ къух. — Цæуæм. А цæуынц. 2СЦЕНÆ Уый дæр уым. Уынг дуармæ хæстæг. Бацæуынц рыууæ трибуны — Сицини æмæ Бру т. Семæ — хъ ахъ хъæ нæг. С и ц и н и. Сæ хæдзæрттæм сæ арвит. Уый ам нал ис,— " Æндæр цы хъæуы мах? Хъуыр-хъуыр кæнынц Нæ уæздæттæ, йæ фарс уыдысты уыдон. Брут. Нæ фæнд кæй ацыд, равдыстам мах уымæй Нæ бирæ тых. Ныр хъуаодæ дарæм мах Нæхи сабыр, æнцад. С и ц и н и. Цæуæнт сæхимæ, Зæгъ сын, €æ сæйраг фыдгул тард æрцыд, Сау адæмæн сæ хицауад æрфидар. Б р у т (хъахъхъæнæгæн.) 479
Цæуæнт сæхимæ. Хъахъхъæнæг ацæуы. Бацæуынц {В о лу мни, Виргили æмæ М е нени. Уæртæ и’с йæ мад. С и цин и. Фæзилæм иуварс фæндагæй. Брут. Цæйтыххæй? С и ц и н и. Йæ зондæй, дам, фæцудыдта, зæгъынц. Б р у т. Нæ, байрæджы ис, федтой нæ, ныллæууæм, В о л у м н и. А, мæнæ стут? Мæ фырты æмæ мæн Куыд уарзут, ахæм дзуапп уын саурын раттæд Йæ хъæдгæмттæй! I Менени.' Сыцдæгдæр! Уанцон нæу! Волумни. Мæ боя нæу дзурьш цæссыгтæй... ’Уæддæр ын Зæгъдзынæн æз... (Брутæн.) Кæдæм лидзыс, фæлæуу? В и о г и л и. (Сицинийæн.) Ды дæр ам бавзай. — Ехх, æз дæр м-æ мойæн Цæуылнæ загътон ахæм барджын дзырд! Сицини. (Волумнийæн.) Нæлгоймагæй дæм бирæ и, зыны дыл. Волумни. Æмæ цы вдс æвзæрæй уым, сæрхъæн?— . Нæ, бакæсут ма тутсæрмæ! Ау, царды Лæджы фæрцы нæ фæзындтæн? Ды та?.. Ды, рувасы мыггагæй гуырд, мæ хъæбул Фыдгулты хæсты цал цæфы фæкодта, Æрмæст ныхæстæй загътай цымæ уал? Æмæ уый Ро’Мæй асырдтат? С к ц и н и. О дуне! 480
В о лу мни. 0, о, ис уымæ кадджын цæфтæ бирæ, Дæумæ та зондджын иу ныха/с дæр нæй. Æмæ хæцгæ та Ромы ’сæрыл кадта. Зæгъон дын хъуамæ... Нæ, фæлтау цæугæ... Йе—баззай, байхъус... Бафæндид мæ тынг, Аравийаг æдзæрæг бæсты искæд Куы фем-бæлид мæ фырт дæуыл, дæ «бирæ Хæстæджытыл, йæ кард куыд уа йæ къухы... С и ц ин и. Уæд цы? В и р ги л и. Уæд дын уый равдисид йæ кæрон Дæ мыггагæн. Волумни. Дзæгъæлзæдты дæр — семæ. О Ром, дæ сæрыл цас цæфтæ фæци! Мен е н и. Æрсабыр у, æгъгъæд. Сиц’ин и. * Бæргæ, куыд кодта (службæ Фыдыбæстæн кæддæр, йæ зæрдæ ууыл Куы не сивтаид, уæд уыдаид ам Цæрæнбонты. Брут. Мæн дæр фæндыд. В о л у м н и. Фæндыд æй! Уæд ма йыл цæмæн сардыдтат уæ бардзы, Лæпуын куитæ? Кæнæ сымах цы ’мвбарут* Мæ хъæбулы хæрз(иуджытæн,'æмбæх;ст Куы вæйщут зынтæй? Б р у т. Цæй, цæуæм, Сицини. В о л у м н и. Ныр уæ мæхæдæг курын æз — цæугæ: Хорз бакуыстат. Фæлæ-ма мæм æрмæст Дыууæ ныхасмæ байхъусут: ам Ро^мы Тæккæ мæгуырдæр халагъудæй уалæ Рагъ Капигголи цас бæрзо^нддæр у, Мæ хъæбул, ащы усы лæг, кæд æй Фæсырдтат, гъе уæддæр сымахæй уыйбæрц Бæрзонддæр у. 31 Шекспир 481 -
Б р у т. Ды раст зæгъыс. Хæрзбон. Си ц и н и. Æрраимæ быцæу кæнын цы ’ххуыс у! В о л у м н и. Мæ куывд — уæй хай! Тр ибу нтæ ацæуынц. Нырæй фæстæмæ зæдтæ Æххæст кæетæнт мæ фыдæлгъыст, цæмæй .Цæгъда сымах! — Куы сæ уынин æрвылбон, Цæмæй сыл-иу мæ ^ыст зæрдæйы судзаг Фæрогдæр уа. М е н е н и. Ахъаззаг сын фæдæ, Хъуыди сын. Иумæ бахæрæм æхсæвæр? В о л у м н и. Мæ хæрд — мæ маст у. Ме ’хсæвæр —хъынцъым. Æндæр хæринаг нал хæрын уæлæуыл. (Виргилийæн.) Цæй, цом, æмæ ныууадз æнæбон ниуын, Фæлæ тызмæг Юнонæйау, мæнау, Ныддур у мæстæй. Цом. М е н ен и. 0 чъизи удтæ! Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Фæндаг Ром æмæ Анциумы '$сæн. Бацæуынц ромæгтæ æмæ волскæгтæ ныхæй-ныхмæ. Р о м а г. Æвяедза, æз дæу хорз зонын, хæлар, сгæй мæ дьг дæр зоныс. Дæ ном цымæ Адриан нæу? В о л гс к а г. Раст у, мæ хæлар, гъе, æцæг, дæу цы хуыдтой — . байрох мæ. Р о м а г. Æз ромаг дæн, фæлæ ныр, дæуау, службæ йе энæгтæн кæнын. Цæй, базыдтай, мæ? В о л 1с к а г. Никанор дæ, цы? Р о м а г. Иæхæдæг, мæ хæлар. 482
ш> л с к а г. Фæстаг хатт дæ куы федтон, уæд дæ зачъе даргъ- дæр ’уыди; уæвгæ, дæу кæддэёриддæр бавонæн юс дæ хъæлæсæй. Цы ис ногæй Ромы? Нæхи волскты сенат мæн комкоммæ рарвыста дæу ссарынмæ. Хорз ба- кодтай, — мæ фæндаг иу бондзыд фæцыбырдæр и! Р о м а г. Ромы уыди стыр сыстад: адæм обунт кодтой сена- торты, æлдæртты æмæ иннæ уæздæтты ныхмæ. В о л с к а г. Уыди, зæгъыс? Уæдæ афонмæ фæци? Уый æнæн- хъæлгæ хабар у нæ хицæуттæн! Уыдон сæхи тынг цæттæ кæнынц Ромы нырриуыгъынмæ, куыддæр кæ- рæдэи ныхмæ фæуой, афтæ. Рома г. Сæйраг змæст бахъус и, фæлæ та хæрз чысыл ни- цæй тыххæр дæр ногæй ссудздзæни. Уæздæттæн ахæм хъыг уыди’Кориоланы фæсырд, æмæ алы минут дæр цæттæ сты адæмы бартæ байсынмæ, стæй сенаты три- бунты бынæттæ фæныбыр кæнынмæ. Баууæнд мыл: зынг бирæ фæхæцы йæхиуыл фæнычы бын, сгæй ныг- гуыпп кæны æмæ скалы пиллон. Вол’скаг. Æцæт фæсырдтой Кориоланы? Р о м а г. О, мæ хæлар, фæсырдтой. В о л с к а г. Е, Никанор, ахæм хабары тыххæй-дын махмæ уы- дзæни хорз кад. Р о м а г. 0, сымахуæттæн ныртæккæ æппæты хуыздæр афон у. Раст фæзæгъынц: искæй усы фавбырын кæнын дæ фæнды, уæд æм бахъав йæ лæджимæ быцæуы рæс- тæг. Ныр сымах уæздан Тулл Авфидийæн æнцон у фесгуыхын, кæд йе стыр знаджы райгуырæн бæстæ Кориоланы хæрзтыл йæ къух ауыгъта, уæд. В о л с к а г. 0, уый гуырысхойаг нæу. Хорз у, кæй дыл ам- бæлдтæн, уый. Ныр мæ хæс æххæст у æмæ дæ иттæг разыйæ бахæццæ’кæндзынæн Анциуммæ. Р о м а г. Æз та дын фæидагыл, æхсæвæры агъоммæ, рар- гом кæндзынæн дунейы цыдæртæ Ромы тыххæй. Сы- мах хъуыддаг афтæ цæуы æмæ хуыздæр зæгъæн нæй. 483
Уæдæ, зæгъыс, уе ’фсад дæр цæттæ у? ■ В о л € к а г. Стæй цавæр! Центурионтæ сæ бынæтты сты, адæм — дихпоæгонд оæдæгай, -мызд райстой, — иу- дзырдæй, абырсынæвво-нг сты. Р о м а г. Æхсызгон мын у, цæттæ сты уый хъусын. Мæ ха- бæртты фæстæ æвæстиатæй араст ’ уыдзысты. Æх- сызгон мын у дæуыл фембæлд, мæ хæлар уæлдай- дæр та — фæндагыл мæ хъузон кæй уыдзынæ, уый тыххæй. Волскаг. Æз дæр ма дын уый зæгъинаг уыдтæн, мæ хæлар. Мæнæн ацы фембæлд дæуæй æхсызгондæр у. Р о м а г. Гъемæ уæдæ цо-м иумæ. Ацæуынц. 4 СЦЕНÆ Анциум. Авфидийы хæдзары раз. Бацæуы К ор ио лан мæгуыры дарæсы; йæ цæсгом æмбæрзы йæ плащы фæдджийæ. Кориолан. Куыд тынг рæсугъд дæ, Анциум, куыд хъæздыг, Æз та идæдзтæй байдза-г кодтон дæу, Мæ кардæй хæсты ниугæ хаудтой ацы Нывовд хæдзæртты хицæуттæ. О горæт, Ма базон ды Кориоланы, науæд Ныййарджытæ сæ сабитимæ ’мæн Æгады мард кæнынц æрмхæсты дурæй! Бацæуы г о р æ т аг. Ха^лар, æгас цуай. Г о р æ т а г. Бузныг. Кориолан. Ды нæ зоныс, Кæм цæра, цымæ, разагъды Авфиди, Стæй — горæты уыдзæн? Горжтаг. О, абон уый Куывд кæны горæты сæрдарты кадæн. 484
Ко р и о л а н. / ^ Кæм и йæ хæдзар? Го рæта г. Мæнæ ис. Дæ разы. К о р и о л а н. Фæндараст. Бузныг. Горæ таг ацæуы. А дуне куыд ивы! Лымæн хæлæрттæ тынг æмуд, æмзæрдæ Вæййьшц æдзух æфсымæртау, æмбисьш Фæуарынц куыст, сæ цин, сæ маст, хæринаг, Кæрæдэи уарзынц, фаззæттау, стæй уæд Хæрз ницæуыл мæлæтдзаг знæгтæ фестынц. Фыдгулты та, сæ фыны дæр фыдвæнд Кæрæдзи .ныхмæ чи фæкæ-ны, уыдон Хæрз ницæйаг чысыл цыдæр æваст Æнгом хæлæрттæ фестын кæны, стæй Дыууæ мыггаджы баиу кæны къайæ. Æз дæр раст афтæ. Удхæссæг мын фестад Фыдызæхх æмæ бауарзтон ныр ацы Фыдгулыторæт. Бащæуон æм, цæй1. Кæд мæ, миййаг, фæмард кæнид Авфиди, Уæд уаид раст. Кæд суазæг кæна мæн, Уæд та мæ хæс — йæ фыдыбæстæн службæ. Ацæуы. 5 СЦЕНÆ Уый ,дæр уым. Зал Авфидийы хæдзары. Хæдзары цæгъдршц музыкæ. Бацæуы лæггадгæнæг. 1-аг лæггадгæнæг. Сæн, сæн! Лæггадгæнджытæ, дам! Фынæй баисты^ цы? (Ацæуы.) Бацæуы иннæ лæггадгæиæг. 2-аг лæггадгæнæг. Кæм и Котус? Хицау Котусмæ сиды. — Котус! (Ацæуы.) Бацæуы Кор иолан. Кориолан. Хъæздыг хæдзар. Сæ куывды тæф — æхсызгон! 485*
Æрмæст æз дæн æнахуыр уавæг ам. , Бацæуы 1 - аг лæггадгæнæг. 1-аглæггадгæнæг. Ам та цы ми кæны-с, мæ хæлар! Кæцон дæ? Ам дæ бынат нæу. Дуарæй федде у. (Ацæуы.) Кориолан. Хуыздæр фæхоныны аккаг нæ дæн: Æз дæн Кориолан. Бацæуы 2 - аг лæггадгæнæг. 2-аг лæггадгæнæг • у Ды та кæцæй февзæрдтæ? Кæдæм касти дуаргæс? Цæмæн уадзы ардæм ашы гомзæвæтты? Адде у! Ко р и о л а н. Ой, иуварс лæуу! 2-аглæггадгæнæг. Куыд иуварс лæуу? Дæхæдæг иуварс алæуу арды- гæйЬ Кориолан. Хъыг ма дар мæн! 2-аг лæггадгæнæг. Нæ, бакæсут-ма уыцы хъæбатырмæ! Æз ныртæк- нæ демæ аныхас ’кæно-н мæхирдыгонау, Бацæуынц фыццаг æмæ æртыккаг лæёгадгæнджытæ. 3-аг лæггадгæнæг. Ай та ма чи у? 1-аглæггадгæнæг. Цавæрдæр зондхъуаг. Ахæм дзы никуыма фед- тон: нæ мын ко’мы дуарæй федде кæнын. Марадз-ма, фæсид нæ хецаумæ. (Иуварс алæууы.) 3-аг лæггадгæнæг. Цы дæ хъæуы ам, мæ хæлар? Иу хæрзиуæг нын ракæн: адде у. Кориолан. Ныууадзут. Æз’æвзæр нæ(дæн сымахæн. 3-аг лæггадгæнæг. Цавæр адæймаг дæ? чКориолан. Хуымæтæг адæмæй нæ дæн. -486
3 - а г лæггадгæнæг. Раст у: ды хуымæтæджы мæгуыр ’нæ дæ, фæлæ* æцæг мæгуыргур. Кориолан. Æцæг зæгъыс: мæгуыргур дæн. 3 - а г лæггадгæнæг. Æмæ дæ бо« нæу, хуымæтæджы мæгуыр нæуæвæг мæгуыргур, æндæр лæууæн бацагурын: ам дæ бынат нæу. Дæ хорзæхæй, абыр ардыгæй. Цæй!.. К о р и о л а н. Дæ хъуыддаг зон. Цу æмæ дæхи’цæн ракур фæл- хæрттæ. (Асхойы йæ.) З-.аг лæггадгæнæг. Ноджы-ма ных дæр лæууыс? (Дыккаг фæсдзæуин-, мæ.) Уайгæ-ма, зæгъ хиодауæн, ай нæм цавæр уазæг % æрбагал ис? 2-аг лæггадгæнæг. Æз ныртæккæ. (Ацæуы.) 3-аг лæггадгæнæг. Кæм цæрыс, кæ? Кориолан. Арвы бын, зæххыл. 3-аг лæггадгæнæг. Арвы бын, зæххыл? Кориолан. О. 3-аг лæггадгæнæг. Æмæ уый та кæм и? Кориолан. Халæтты 1мæ хъæрццыгъаты паддзахады. 3-аг лæггадгæнæг. Халæтты ’мæ хъæрццыгъаты паддзахады? (Фæрс- мзе.) Мæнæ хæргæвс! (Хъæрæй.) Уæдæ, дзæгъыидзæ- джытимæ иумæ, и? К о р_ и о л а н. Нæ, æз дæ хицауимæ куы ’нæ кæнын службæ. 3-аг лæггадгæнæг. Ого! Уый мын, æнхъæлдæн,"мæ хицаумæ куы ’вна- лыс? Кориолан, Æмæ цы кæны? Уый сыгъдæгдæр хъуыддагу де ’ф-синмæ ’вналынæй. Æнхъæлдæн, æгæр дзæнгæда - цæгъдыс! Цæугæ, лæггад >кæн фынджы уæлхъус. -Да-рд! (Цæвы йæ æмæ йæ асхойы.) (Æртыккаг лæггадгæнæг ацæуы.) 487
Бацæуынц Авфиди æмæ дыккаг лæ ггад гæнæг. Авфиди. Кæм и, кæ, сахъгуырд? 2-аг лæггадгæнæг. Мæнæ, хицау. Уазджыты сызмæнтынæй куы нæ тарстаин, — куыдзы над æй фæкодтаин. (Иуварс алæууы.) А вф и д и. Кæцон дæ, чи дæ? Зæгъ, цы дæ хъæуы? Цы ныхъхъус дæ? Зæгь-ма нын, чи дæ ды? Кориолан (йæ цæсгом гом кæнгæйæ). Кæд мæ ныр дæр, мæ цæсгоммæ кæсгæиæ, Нæбазыдтай, уæд дын мæхи зæгъон. А в ф и д и. Зæгъ-ма йæ ном. Кориолан. Хъыг уыдзæн волскаг хъусæн, Дæ хъусæн та — уæлдайдæр. А в ф и д и. Чи дæ, чи? Дæ уынд — тæссаг. Дæ цæстæнгас æвдисы Хæрзвæлтæрд барджын хицауы. Зыны Дæ бызгъуырæм’бæрзт фидарамад къултæй Хъæбатыр нау. Цæй, чи дæ? Кориолан. Ды ныртæккæ Фæтар уыдзынæ. Базыдтай мæ? Аъфиди. Нæй, Нæ зонын чи дæ? К о р и о л а <н. Æз дæн уьщы Марци, Фыдтæ, цæфтæ кæмæй ис афтæ бирæ Дæуыл æмæ дæ иубæстонтыл — волсктыл, Дæуыл —сæ фылдæр, уый’ тыххæй мын хонынц Мæ ном Кориолан. Цы туг фæкалдтон Æбузныг Ромыл, цас фæдæн мæлæтдзаг Зын хæстыты, цæйбæрц фæкодтон службæ —I Æнæзæрдæ фыдыбæстæ мын радта Сæ сæрмæ иунæг уыцы ном. Уый у, Мæнмæ цы сау хæрам æмæ цы фыдæх Ды хъуамæ дарай, уый тызмæг æвдисæн. Уæлæуыл ма мын уый баззад æрмæст: '488
Æндæр мæм цы уыд — бафтъæрдтой €æ адæм, Кæй дурзæрдæ æмæ хæлæгдзинадæн Тæппуд, æнахъом, незмæлæг уæздæттæ Сæ рохтæ суагътой, иунæг мæ ныууагътой, Æмæ мæ сау цагъайрæгты хъæлæстæ, Æмбугæнгæ, фæсырдтой Ромæй. Гъеныр, Хæрз мæгуырæй дæ царыбын лæууын, Дæ уæл’къо-на. Æрмæст дæ уый ныфс ма уæду Зæгъгæ, мæ уд ирв<æзынмæ дæн ам: Мæлæтæй æз куы тарстаин, дæуæй ма Тыхджындæр уæд кæмæй хизин мæхи! Нæ, уый тыххæй дæм не ’рбафтыдтæн, — хъуамæ Мæ расурæгæн бафидон йæ хæс. Кæд ма мæм судзы сусæг маст дæ риуы, Кæд хъавыс де ’ппæт бафхæрдтыты, стæй "Дæ фыдьибæсты бирæ хъизæмæрттæм Дæ маст райсынмæ, уæд фæтагъд кæн, сифтындзг Дæ бæлли’цыл мæ хæрамдзинад, айс Дæ маст уадзыны службæйæн мæ хъару: Зындойнаг сау дæлимонтау, кæлдзæн Мæнæй цъæх арт, æз афтæ тынг хæцдзынæн Мæ бамбийгæ фыдыбæсты ныхмæ. Фæлæ дæ ныфс, зынты фæлладæй, уымæ Куы нæ бахæссай, уæд дæ зæрдыл дар. Æз афтæ схъыг дæн цардæй, —ивгъуыд мастæн Мæхæдæг байгом кæндзынæн мæ риу. Ныргæвд мæ, науæд тутсæр дæ, — æз-иу’ Дæу афтæ карз æфхæрдтон, туг л>æсæ.нтæй Дæ фыдыбæстыл уагътон, æмæ ныр Мæн службæмæ нæ райстай, — уæд мæ цард Уыдзæн дæ худинагæн. Авф и д и. Марци, Марци! Дæ алы сдзырдæй сыскъуыпыс бындзарæи Мæ риуæй ды нæ раздæры хæрам. Ю’питер мæм куы ’рдзырдтаид йæ мигътæй! Æрво« цаутыл, куы бахордтаид ард Сæ рæстдзинадыл, уыдоныл дæр уæд Дæуæй тынгдæр ояæ баууæндин æз, Марци! Бар ратт мæ къухтæн, атыхсой дыл уарзгæ. Сæдæ хатты дæ ацы буарыл асаст1 Мæ уæззау хотых, йе ’схъистæ-иу мæиыл- Æмбæлдысты, рæхуыстой йæ. (Хъæбыс кæны Кориоланы.) 489
Хъæбые дæ • Кæнын, мæ карды ’ндон хъæсдарæг, æз Æмæ уæздан хæлардзинадыл демæ ; Нырæй фæстæмæ ерыеы цæуьгн, Кæддæр-иу æз-фæтыхджындæрæй кадыл Куыд ерьгс кодтам иумæ, афтæ. Хъус-ма, Æз афтæ уарзтон иу чызджы — зæххыл Нæ уыд дыккаг мæ хуызæн ’нувыд уарзæг. Фæлæ ды зон, мæ хорз хъыемæтон къай • Мæ къæсæрæй цы минутыл æрбахызт, Уæд дæр нæ кафыд фырцинæй мæ зæрдæ, 0 етыр хæлар, нæ фембæлды хуызæн! Зон, Марс, мах ам æфсад æрæм.бырд кодтам, Æмæ та ногæй -бафæлварон, загътон, Дæ цонг æд кард ныллыг кæнын — кæнæ Мæхи цонг хъуамæ фесæфтаин хæсты. Лæгæй-лæгмæ дыууадæсæм хатт мæн Куы басаетай, уæдæй нырмæ мæныл Нæ рацыд иу æхсæв дæр, æз мæ фыны Кæд нæ уыдтон нæ хæстытæ: уыдтон-иу, Цыма нылхъывтам хурхи-хурх кæрæдзи Æмæ тылдыетæм зæххыл, цыма, стæй Кæрæдзи еæртæй не згъæр худтæ стыдтам, Æмæ-иу хиды фехъал дæн æваст. Хæрзæгъдау Марци, Ро-мы ныхмæ волсктæн Быцæуы сæр нæ уыд, зæгъгæ, уæддæр Æрмæст дæ раеырды тыххæй дæр мах Нæ бæстæгтæм æреидтаиккам хæстмæ Дæсаздзыдтæй æвдайаздзыдты онг Æмæ хæцишам й ’арвгæрæтты Ромæн, Цæмæйфæуа æбузн горæт хуыдуг’ Йæ цæрджыты сырх туглæсæны. Рахиз.1 Мæ хæдзармæ, «уæ бон хорз» зæгъ хæлæрттæн, Сенатортæц, фæндараст кæнынц азæр1 Мæн ме ’мбæлггамæ намысджын (бырстмæ, Кæд го-рæт Ро»ммæ нæ, уæддæр йæ зæхмæ. р и о л а >я, Хæрзаудæг хуьщау» цы кад мын скодтай!) ф и д и. Ды ам дæ яицау. Кæд æрмæст дæхæдæг Дæ маётиеæг уай, бафæнда дæ уый, Уæд балхонджытæ не ’феадæн — «æ дыууæ. Дæ бар — дæхи. Дæ фæлтæрддзинад махæй Хъæздыгдæр у, ды йын хуыздæр æм-барыс •
Йæ тых, йæ лæмæгъ Ромæн. Зоныс ды, Æваст бырсгæ у горæтмæ, æви уал Æвва,хс рæтты тас байтауæм фыццаг, Стæй ромæгты ныддæрæн кæиæм. Раздæр Цом мидæмæ. Бар ратт, фыццаг уал æз Дæу бацамонон уыдонæн, кæй бардзырд Хъæудзæн дæ фæндон сæххæстæн. Садам! Хæрам уыдыстæм тынг, фæлæ нæ цæдио Фæтыхджындæр. Æри дæ къух. Салам^ ; (Кориолан æмæ Ав фид и ацæуынц) Ф ыцца г æмæ д ыккаг фæсдзæуины ралæууынц размæ.. 1 - а г фæсдзæуин. Гъеуый дын ивддзинад! 2-аг фæсдзæуин. Ард дын хæрын, чысыл ма бахъæуа, лæдзæгæй йын иу ныууыдайон, фæлæ, мæ амондæн, бамбæрстон, зæ- гъын, ай йæ дарæсæй чи зыны, ахæм нæу. 1-агфæсдз-æуин. Къухтæ йын нæй, фæлæ — кæфойтæ! йæ дыууæ æнгуылдзæй мæ афтæ ныззылдта, цыма йын цъил уыдтæн. 2-аг фæсдзæуин. Уæдæ йьш æз куыддæр йæ цæсгоммæ бакастæн, афтæ уайтагъд бамбæрстон, ай хуымæтæджы цыдæр кæй нæу. Иæ цæсгомыл зыны ахæм цыдæр... Куыд æй загъдæуа... 1-аг фæсдзæуин. Æцæг, æцæг’, ахæм цыдæр ыл, зыны, цыма... Уæд мæ æрцауындзой, кæд æй нæ базыдтон, махмæ куыд фæкаст, уымæй бæрзонддæр кæй уыди, уый. 2-аг фæсдзæуин. . Ард хæрын, æз дæр, дьгккаг ахæм æгас дунейыл дæр не ’ссардæуаид. 1-аг фæсдзæуин. .Мæнмæ дæ.р афтæ кæсы, кæд æз æмæ ды уымæй уæйыгдæр æфсæддоны зонæм, уæддæр. 2-аг фæсдзæуин. Цæй, махон ахæмтæй æхсæзы йаргъ у. 1-агфæсдзæуин. Уый, æвæдза, ды фегæр кодтай, кæд æз иæ хица- уы стыр æфсæддоныл нымайьга, уæддæр. 2-аг фæсдзæуин. Зоныс, ахæм ран зын базонæн у, чи хуыздæр у, 491
уый, фæлæ горæттæ хъахъхъæнын мах æфсадхон кæ- мæйдæриддæр хуыздæр зоны, а г ф æ.с д з «æ у и н. О, стæй сæ исын дæр. Бацæуы 3-аг фæсдзæуин. аг фæсдзæуин. Гъей, хæлæрттæ, замманайы хабæрттæ уын! Ох, цы хабæрттæ сты, цæстфæлдахджытæ! аг æмæ 2-аг иумæ. Цы? Цы? Цавæр? Цæй-ма, радзур сæ! а г ф æ с д з æ у и н. Нæ мæ бафæндид ныртæккæ ро-маг уæвын, фæл- тау’мæ сауыгъдæуæд! аг æмæ 2-аг иумæ. Уый та цæмæн? — Цæмæн зæгъыс? аг фæсдзæуин. Куыд — цæмæн? Зоеут, нæ хæдзары йæхæдæг Кай Марци кæй ис, не ’фсадхонæджы фæрстæ чи рæгъæд кодта, уый. аг фæсдзæуин. Цы? Марци махояы фæрстæ рæгъæд кодта? аг фæсдзæуин. Бынтон рæгъæд сæ нæ кодта, фæлæ йæ нæ уагъ- та уæлæмæ скæсын. ат фæсдзæуин. Ныууадз, ме ’рдхорд, мах ам хиуæттæ стæм. Мар- цийыл махонæн йæ дæндæгтæ ’бирæ хæттыты асастыс- ты. Уыдон йæхи ныхæстæ сты — æз æм хъуыстон. агфæсдзæуин. Раст цы у, уый зæгъьш хъæуы — асастысты. Кори- олы хæсты уый махоны ныллыгтæ кодта æмæ скарста фыдджинагау. а г ф æ с д з æ у и н. Гъе, уæдæ йæ бон уыди хыссæйы йæ сфыцын æмæ йæ бафтъæрын, лæгхор -куы уыдаид, уæд. . аг фæсдзæуин. Æндæр ма цы хабæрттæ? аг фæсдзæуин. Махойтæ йын афтæ лæггад кæнынц, цыма Марсы бындар у. Обадын æй’ кодтой фынгаэн йæ тæккæ сæр, сенатортæй исчи йемæ куы фæныхас кæны, уæд æнæ- мæнг сы^ты æмæ йæ худ сисы. Не ’фсадхон ын лæггад кæны, раст йæ хæзгулау, куы йыл йæ къух æруадзы,
, цыма |ын дзуар у, куы йæм хъусгæ кæны, йæ цæсты- тæ ныдздзагъыр кæнгæйæ. Фæлæ сæйраг ног хабар ахæм у: не ’фсадхон ныр лыг у йæ астæуыл, знон цы уыдис, уыйæмбисæй фылдæр нал у; йæ иннæ æмбис баци, фынджы уæлхъус бадджытæн сегасы фæндæй/ Марцийы. Уый ныфс æвæры Ромы дуаргæсæн йæ хъустæ ныттонынæй æмæ йæ фæндагыл цы уа, уыдон ныссæрфынæй, цæмæй йæ фæстæ ’баззайа æрмæст сыгъдæг бынат. аг фæсдзæуин. Æм>æ цы, мердыгонау, уый ахæм куыст иннæтæй хуыздæр зоны. аг фæсдзæуин. Канд зонгæ нæ — кæнгэе Дзер æй бакæндзæн, уы- мæн æмæ йын æмбарыс, мæ хæлар, йæ райгуырæн бæс- тыл хæлæрттæ къаддæр нæй знæгтæй, фæлæ йæ уы- цы хæлæрттæ, .æмбарыс, нæ уæндынц равдисын, йæ • хæлæрттæ кæй сты, уый, цалынмæ, куыд æй загъдæ- уа, декредитацигонд уа, уæдмæ. аг фæсдзæуин. Декредитаци? Уый та циу? аг фæсдзæуин. Уый, мæ лымæн, — уыдон <куыддæр феной, йæ худы барцыл та хæрдмæ схæцыди æмæ йæ хъару йе 'уæнг~ ты бацыди, афтæ ратæхдзысты сæ хуыккæмттæй, фæакъæвдайы тæрхъустау, æмæ йыл амбырд уыдзыс- ты æххуысмæ. а г ф æ сд з а&у и н. Æмæ уый кæд уыдзæни? аг фæсдзæуин. Райсом, абон, ацы сахат. Сихор куы фæуа, уæд барабан ныццæгъддзысты, цыма адджинаг æртыккаг тæбæгъмæ, æмæ махуæттæ абырсдзысты, сæ былтæ дæр нæма асæрфгæйæ. аг фæсдзæуин. Уæдæ та бахъæлдзæг уыдзыстæм. Цы ис, цы са- быр рæстæджы? Æрмæст æфсæйнаг згæ кæны, да- рæсхуийджытæ уарынц сæ устытимæ æмæ сбирæ вæй- йынц стихтæфысджытæ. аг фæсдзæуин. Æз дæр уый зæгъын: хæст хуыздæр у фидыдæй, бон æхсæвæй куыд хуыздæр у, афтæ. Хæсты заман цæрыс хъæлдзæг: уый дын ног дам-дум, ног хабар. Фидыд та — цыма фынæй кæныс, науæд дыл хуыскъ- 493
низ бафтыдис: æнкъард, афтид, хъшщъым; Сабыр ’ заман æнæзакъонæй фылдæр, сывæллæттæ гуыры, хæсты заман цы адæм сæфы, уыдонæй. 2-,аг фæсдзæуин. Уый раст у. Каей зæгъын æй хъæуы, хæсты хат- тæй-хатт искæй устытæн тыхми дæр фæкæнынц: фæ-, лæ уый хыгъд сабыр заманы устытæ сæхи лæгтæн дæр фæсадзынц сыкъатæ. 1-агфæсдзæуин. Раст у. Адæм кæрæдзийæн цæстысындз дæр уый тыххæй сты. 3-агфæсдзæуин. ’ / Æмæ уæд цæмæн? Уымæн æмæ сабыр рæстæджы кæрæдзийы афтæ тынг нæ хъæуыиц. Уый æмæ дын хæст! Ныфс мæ ис, рæхджы ромæгтæ волсктæй кæй фæасламдæр уыдзысты. — Хъусут, фынгтæй стынмæ хъавынц! 1-аг æмæ 2-аг иумæ. Цомут, цомут, тагъддæр. Ацæуынц. 6 СЦЕНÆ Ром. Фæз. Бацæуынц трибунтæ—Сицини æмæ Бру’т. Си ц и н и. Цæмæй тæрсæм? Йæ <кой дæр нæм’нæ хъуысы, Стæй фидыд заман, адæмы тыхсын Цы змæстытæ фæкæнынц, уыдон сабыр Куы вæййынц, уæд цы тас у махæн уый? Уадз Марцийы фырхъал лымæнтæ худой Сæхиуыл, Ром куыд хуыздæр фæци, уый Уынгæйæ, — кæд сæхæдæг дæр тыхстысты Быцæутæй уынгты, гъеуæддæр сын ныр Æхсызгондæр уыдзæн æрвылбон хъусын Æдыхст кусæг — зырнæйзилæдж,ы зардмæ. Б р у т. Нæ фыдбылызæй бахызтам нæхи. Бацæуы М енени. Кæс-ма, Менени ма уа? С и ц и н и. Уый, йæхæдæг. 494
Р1æ ракаст нæм уæдæй нырмæ фæхуыздæр. — Саламтæ дын. Менени. , Сымахæн дæр — салам. - Си ци н и. , "Фæмаст кодтой дæхи Кориоланыл , Æрмæст йæхи лымæнтæ, паддзахад та Йæ фыдæнæн лæууы æмæ лæудзæн. М е н е н и. Уый хорз у тынг, фæлæ хуыздæр уыдаид, Куы ’ртасыдаид, уæд. С и ц и н и. Кæм уа, — нæ зоныс? Менени. Нæ зоньш, ницы. Нæй хабдр йæ мад Æмæ йæ усмæ — ницы сæм æрвиты. Бацæуынц æртæ-цыппар горæтаджы. Г о р æ.тæ г тæ. Уæ дыууæйæн дæр ахъазгæнæг — зæдтæ! Си ц ин и. Æгас цæуат, сыхæгтæ! Брут. Уе ’зæр хорз уа, Æгас цæуат! 1-аг горæтаг. Нæ бинонтæ, нæхæдæг Сымахæн зæдтæм кувдзыстæм. С и ц и н и. Цæрут Фæрнæйдзагæй. Б рут. Уæдæ фæндараст ут, Нæ буц сыхæгтæ. Ехх, Кориолан уæ Куы уарзтаид тынг, мах хуызæн, бæргæ! Горæтæгтæ. Хуыцау — уæ хъахъхъæнæг! Т р и б у н т æ. Хæрзбон! Фæндараст! Гор æтæ гт æ ацæуынц. 'Сицини. Ныр сабырдæр, æнцондæр у цæрын 495
Фыццагæй, — уæд, фæдисхъæргæнгæ, адæм Зыд кодтой уынгты. Брут. Уыд Кай Марци хæсты’ Хъæбатыр, фæлæ тынг цæхгæр уыд, хъал, Æнæрвæссон, цыма зæххы бикъ уый уыд_ Сици|;ни. Кæддæриддæр тырныдта уый уæлдæр Æнæуаргæ хищауадмæ. * Менени. Рæдийыс. Сицини. Куы йын уыдаид консулы ном, уæд • Уый федтаиккам негас дæр хъыгагæн. Б р у т. Фæлæ хуыцауы фæндæй тард æрцыд Æмæ у Ром хæрзамонд. Бацæуы хъ ахъхъæ нæг. Хъахъхъæнæг. Хорз трнбунтæ, Цæйдæр цагъар (ныр ахæстоны бады) Дзæнгæда цагъта, волакты стыр æф>сад, дам, Æгъатырæй æппæт дæрæн кæнгæ, Бырсы ныр Ромы зæхмæ. М е н е н и. Уый Авфиди Йæ сыкъатыл уæлæмæ схæцыд «ог, Æрвыст кæй æрцыд Марци, уый йæм фехъуыст,— Æмбæхст сæ дардта: Ромы уыди Марци. Сицини. Дæ хорзæхæй, цы систай — Марци, Марци! Брут. Нæхмгæ у цагъар! Не ’хсæн фидыд халын Сæ бон нæу волсктæн. М е н е н и. Уый та куыд — сæ бон нæу? Нæ, цард æвдисы —у, стæй ноджы тынг. Æртæ хатты уыдтæн æвдисæн уымæн. Хуыздæр нæ уаид, уыцы цагъары, Нæмыны размæ бафæрсьш, цæмæй нæм Цы фыдбылыз æрцæуинаг у, уый Фæхабаргæиæг ма ’рцæуа фыдæфхæрд Æнаххосæй.
СИЦИ’НИ. Цы дзæнгæда цæгъдыс? Уæвæн нæй уымæн! Брут. Уый уæвæн нæй — никæд! Бацæуы ф æ д и с о н. Ф æ д и с о н. Бæрзонд æрмдартæ ’мбырд кæнынц сенатмæ. Æрцыд хабар, сæ цæсгæмттæ сын уый’ Фæлурс кæны. Сицини, Уый цагъары фыдæй у. (Хъахъхъæнæгæн.) Цы адæмы фæсайдта, уыдон раз æй Фæнæм тæлмуисæй. Ф æ ди с о н. Хорз лæг, уыцы цагъар Нæ загъта мæнг. Цы загъта, уый æцæг у, Ис ног хабæрттæ — фыццагæй тæссагдæр1 Æмæ хъыгагдæр. С и ц ин и. Уый та куыд — тæссагдæр? фæдисон. Цæйбæрц раст у — бæлвырд нæ зопын æзуч Фæлæ æргомæй дзурынц, цыма Марщи Æд æфсæдтæ Авфидшшæ иумæ Æрбабырсы æмæ, дам, ард хæры Чысылæй, стырæй ромзегты бындзагъд Фæкæныныл йæ мастмæ. Сиц’ини. Уый у аугъау! Бр у т. -Лæмæгъдæр фарсы хинæйдзаг хъуыды,—’ Кæд раздахиико’й Марцийы! С и цин и. Е, хинтæ! Менени. Нæ мæ уырны! А’вфиди æмæ Марци;—, Дыууæ хохау, — нæ, иугæнæн сын нæй. Бацæуы д ыккаг ф æ д исон. 2-аг фæдисон. Сенатортæ мæ рарвыстой сымахмæ. 32 Шекспир
Авфиди æмæ Марци стыр æфоадæй Нæ зæххытыл æгъатырæй бырсынц Æмæ зынгæй фæндаг кæнынц сæхицæн, Цы раимæ бафтой— стъигъынц сæ бынтон. Бацæуы Ко мини. Комини, Хорз басгуыхтыстут! Менени. Цæй, цы ма и ногæй? Комини. Уæ хъуыддаг а,хæм арфзондджын уыди — Уæ чызджыты уын худинаг кæндзысты, Уæ хæдзæрттæ куы судзой, уæд сæ царты Æртайдзæн ызды, — уардзæни уыл зæгъ, Уæ фындзты бын уæ устытæй кæндзысты < Хынджылæг... М е н е н и. Цæй, цы ма фехъуысти ногæй? Комини. ...Уæ галуантæй ма баззайдзæн æртхутæг, Уæ ахсджиаг, уæ бирæ барт&н та Мыстыхуынкъ дæр уыдзæн уæрæх... Мене н и. Хабæрттæ! (Трибунтæн.) Тæрсын, цыма нæ бакодтат хæрзбын! (Коминийæн.) Зæгъ-ма, цы хабар ма ис? Иугæр Марци Æ,мварс у волсктæн... ’К о м и н и. Уый та ма куыд «иугæр»! Сæ фæтæг у. Æппæтæй дæр æм хъусынц, Цыма зæххон гуырд нæу, фæлæ уæларво« Сыгъдæг тых уыди йе ’сфæлдисæг. Уыдо-н Бырсынц æмæ «æ тæппудты хъуыды дæр Нæ кæнынц: раст гæлæбуйы сывæллон Куыд суры, науæд фыдуæйгæнæг бындзы Куыд фæцъист кæны, уый хуызæн. М е н е ни. Ахъаззаг Хъуыддæгтæ нын фæцарæзтат, хъæбæр
Кæй сæрыл дзырдтат, нурыйы тæф арф Кæм ахъардта, уæ уыцы ’рмгусджытимæ. Комини. Ром риздзæни, ныууигъдзæн æй сымахыл... М е н е ни. Цыма рæгъæд дыргъ уигъы Геркулес. Куыд бабын кодтат Ромы! Б р у т. Ис æууæндæн Уæ хабæрттыл? Комини. Иттæг. Æмæ дзыхъмард Уыдзынæ ды сæ мæнгзæгъынæй раздæр. Иырмæ цы зæххытæ фæцахста Ром — Фæстæмæ хауынц волсктæм. Адæм худынц Ныхмæлæууæг æдылытыл; дзæгъæлы, Æнæрхъуыдыйæ чи хæцы сæ ныхмæ — Хъæбатырæй мæлынц. Зылын кæнын Кæй бон у Марцийы? Цыдæр æм арынц Йæхи æмæ сымах фыдгултæ хорзæй! М е н е ни. Бындзагъд кæндзыстæм, хорз лæгæй нæхицæн Хатыр курын куы нæ базонæм, уæд. Комини. Æмæ йæм курæг чи цæуы? Трибунтæ? Нæ бахъæцдзæн сæ цæсгом. Адæм? Уый сын Фæтæригъæд кæндзæн, фиййау цыхуызы Тæригъæд кæны бирæгътæн, раст афтæ. Йæ хæлæрттæ? Куы йын лæгъстæ кæной Æмæ хатыр куы курой Ромæн, уыдон Уæд йе ’знæгтæй куы ’вдисиккой сæхи Æмæ йæ тынгдæр бафхæриккой, уый Фыдгул кæй хоны, уыдонæй. М е н е ни. Уый раст у! Мæхи хæдзарыл мын куы ’фтауид арт, Уæддæр хатыр нæ бауæндин æз курын. О, хорз хъуыддаг нын сарæзтат сымах Æмæ уæ сахъ æрмгусджытæ. М е н е ни. Ныссагътат Нæ горæт Ромы ахæм низы, хос ын Кæмæй нал уа. 499
Трибунтæ. ’ Æмæ цы кодтам мах та? М ен е ни. Уæдæ ма чи? Ау, мах? Зынаргъ уыд махæн, Фæлæ, уæздан тæппуд ыстуртæ, мах Уæ сау адæммæ байхъуыстам æмæ йæ Фæсырдтой ’хситтæй. Комини. Æз тæрсын, миййаг, Кæд уый хъæрахстмæ раздæхы фæстæмæ. Авфиди, дам, ын æфсады дæлбар у Æмæ, дам, хъусы Марцийы дзырдмæ Цæмæйдæриддæр. Ромæ’н ма ныр баззад Зыбыты иунæг хихъахъхъæнæн хос — Сæруæлдай хæст. Бацæуынц го рæтæ гтæ къордæй. Менени. Гъе, мæнæ уын уæ бардз дæр! Уæдæ Авфиди дæр ис йемæ? Ромыл , Уæ хъæрæй саурын бафтыдтат, хæрдмæ Куы ’хстат уæ сойæдзаг худтæ, куы домдтат Кориоланы асурын, раст уæд. Уый раздæхтис. Ныр йе ’фсæддонты сæртыл Цы хъуынтæ ис — сæ алчидæр уыдзæн Гæрзехс сымахæн. Бафиддзæни уын, Уæ хъæлæсты аргъ, алы сæппæрст худмæ Æнæмагъз сæр æрхаудзæнис йæ кардæй. Æниу уый цы! Æвзалыйæн нæ ам Куы басудзид — цы хъæуы, уый нын уаид. Горæтæгтæ. Æвирхъау хабар! 1-аг горæтаг. Æз куы загътон: «Сургæ», Уæд хинымæр та: «Нæу уый раст». 2-аг горæтаг. Æз дæр. 3-аггорæтаг. Æниу мæнæй цы зæгъут. Стæй, раст зæгъгæйæ, канд мах нæ хъуыды кодтам афтæ. Мах фæндыди, ал- кæмæн дæр хуыздæр цы уа, уый, æмæ кæд йæ фæсу- рьшыл сразы стæм, уæддæр нæ уый зæрдæйæ нæ фæн- дыди. 500
Комини. . Хорз арæхсут хъæлæс кæнынмæ! Менени. О, Тынг басгуыхт уе ’рдонг! (Коминийæн.) Сенатмæ цæуыс Мæ фæдыл? Коминн. Уæдæ ма каедæм? М е не ни æмæ Комини ацæуынц. Сицини. * „ Сыхæгтæ, Уæ хæдзæрттæм. Мæт-ма ма кæнут. Адон Йæ фæдонтæ: сты, æмæ ныр сæ хуызтыл Цы ’вдисынц тарстæй, уый æрмæст бæллиц у, — Æцæг куы уаид, бафæндид сæ тынг. Цæут æмæ мæт ма кæнут æппындæр. 1-аггорæтаг. Хуыцау, ма нæ фесаф! — Цом нæхимæ, сыхæгтæ. Хæрз дзæгъæлы йæ асырдтам — æз уын æдзухдæр уый дзырдтон. 2-аг горæтаг. Мах негас дæр уый дзырдтам. Цом-ма тагъддæр. Горæтæгтæ ацæуынц. Брут. Цом Капитолимæ. — Мæ бынтæн се ’мбис Хæрзæггурæггаг раттин ацы хабар Мæнг у зæгъæгæн. Сицини, Цæй-ма, тагъддæр цом. Ацæуынц. 7СЦЕНÆ Роммæ хæстæг ран лагер. Бацæуы А вфид и иу æф садхонимæ. А’вфиди. Уæдæ, зæгъыс, ромагыл бафтыд не ’фсад? Æфсадхон. Цыма кæлæнгæнæг у раст. Салдæттæ Æппæлынц уымæй. Марцийы ном у, 501
Цы зæдтæм кувынц, уыдонау: вæййы Фынджы уæлхъус сæ хуыздæр ныхас ууыл, Ныр «бузныджы» бæсты фæдзурынц «Марци». А-гъай, фæтæг, а стæры заман дæу Æвæрынц фæсвæд. А в ф и д и. • Уым гæнæн цы ис? Хæцын? Æмæ нæ фæндтæ уæд нæ хъуыры Фæбаддзысты. Уый мемæ дæр, æз ын Куыд æнхъæлдтон, сæрыстырдæр уыд уымæй, Фыццаг хатт æй куы хъæбыс кодтон, уæд. Фæлæ йæ конд у ахæм, нæй йын ивæн. Æз барын, мæ бон ивын цы нæу, уый. Æфсæддон. Фæтæг, дæхи хуыздæрæн хъуамæ хицау Дæхæдæг уай æгас æфсадæн ды, Кæнæ дæхæдæг бардзырд дæтт, кæнæ та Уый хицау скæн бынтондæр.1 Ав фи д и. Бамбæрстон дæ. Дæ зæрдыл дар: уый зонгæ дæр нæ кæны, Нæ хынцæн бон куы ралæууа, уæд ын Цы аххостæ æрхæсдзынæн йæ размæ. Ныр уал зынæд — æмæ уырнæд йæхи дæр,' ’Стæй бардзырд дæр, уадз афтæ уал зына, Цыма нæ бырстæн, не ’фсады хъуыддæгтæн Дæтты иттæг хорз разамынд, хæцы Æрмхæсты, франкау, йе ’хсаргард куы руадзы,, Уæд лидзы знаг фæлæ йæ дзуаппы бон Цæуыл сæтдзæн йæ бæрзæй, йе—мæ бæрзæй, Уый разæй ис. уЕфсæддон. Дæумæ гæсгæ, уый Ром Æрцахсдзæнис? Ав фи д и. Æппæт горæттæ ’рцахста Æнæ хæцгæйæ, Ромы та æгас Сенатортæ, стæй уæздæттæ — бынтон йæ лымæнтæ. Трибунтæй нæй салдæттæ. Уæд адæм та? Куыд æй фæсырдтой, афтæ Фæстæмæ дæр тагъд айсдзысты. Уьщ Роммæ Фæлæбурдзæн, кæсагахсæг хъуыппийы Куыд ахсы, афтæ, — ахæм у хъуыппи: Йæхи дæтты тыхджындæр чи у, уымæн. 502
Фыдыбæстæн уыд хорз салдат, фæлæ Нæ фæлæууыди кады уæзæн, — аххос, Мæнмæ гæсгæ, йæ фырхъал уыди уым,— Куы фесгуыхæм, уæд уый у не ’знаг, йе та — Нæ тызмæг, не ’схъиуд, — фесгуыхтæ, уæд дзы Дæ иннæ сгуыхт фæхуыздæр кæн! — фæлае Æрдзæй æгæр цыбырхъуыр фæци, хивæнд, Æнæсæттон, æмæ-иу суанг сенаты Куы бадт, уæддæр-иу йе згъæр худ нæ иста, ч Сабыр заман дæр хæстау уыд, тызмæг. Йæ уыцы миниуджытæй иу дæр уыд,— Æмæ уымæ та сегас дæр уыдысты,— Æгъгъæд, цæмæй йыл бахъоды кæной Æмæ фæхоной знаг сæхицæн адæм. Æгæр кæй стыдта йе сгуыхтытæ хъалæй, Гъеуый фыдæй сæ фесæфта! Нæ кад Фылдæргæнæг æрмæст у адæм. Хицау Цы лæг уа, уымæн н$ей бæлвырддæр ингæн Трибунæйæ, æдзух æй кæцæй стауынц. Цурк цурчы фæрцы феппарынц, тых та Тыхы сæтты. Цæй, цом уæдæ. О Марци, Æнамонд, райс дæ горæт Ром æрмæст, Æндæр уæлахиз нал фендзæн дæ цæст. Ацæуы.
1СЦЕНÆ Ром. Фæз. Бацæуынц Ме не ни, Комини, С ицини, Брут æмæ иннæт æ. М е н е н и. 4^æ цæуын, нæ. Нæ фехъуыстат, фыртау æй ч Чи уарзта, стæй йæ фæтæг чи уыд, уымæн Цы загъта, уый? Мæн дæр хуыдта йæ фыд, Фæлæ ма уый цы давы ныр? Сымах æй Фæсырдтат, ныр гуыбырсæрæй цæугæ, Кæм уæ уына, уым зонгуытыл æрлæуут, Йæ цатырмæ хатыркурæг бырут. Коминимæ чи нæ байхъуыста, уымæ Цæуон? Фæлтау ам баддзынæн æнцад. Комяни. Нæ йæ фæндыд мæ базонын дæр, М е н е н и (трибунтæн). Хъусут? К о м и н и. Куы сдзырдта джихæй, дисгæнгæ, «Комини», Куы йын æрымысыдтæн, иумæ хæсты Куыд калд нæ туг, цы хæлæрттæ уыдьтстæм, Уæд фесхъиудта: æз, дам, Кориолан Ныр нал дæн, аппæрстон мæ кад, мæ нæмттæ,— Æз, дам, мæхицæн артысудзæг Ромæй Ног ном цалынмæ рацæгъдон, уæдмæ Мæнæн нæй ном. Ме нен и. Иттæг бузныг, трибунта^! Хорз бакуыстат, цæмæй æвзалы уа Бынтон аслам. Уæ ном цæрдзæни Ромы. 504
Ком и*нк. ..; . Зæгъын, хатыр кæмæн не ’мбæлы, уымæн Куы ныббарай, уæздандзинд у уый.— Паддзахад, дам, кæй бафхæры, нæ, — уымæй Хатыр курын æдылыдзинад у. Ме н е н и. Æндæр ма дьы цы загътаид уæдæ?! К о м и н и. ’ ’ Гæгъын, уæд та ныххатыр кæн лымæнтæн. Æмбыд зыгуым æвзарынмæ, дам, мæн Нæ равдæлдзæнис иуцасдæр нæмыгыл, Дьп.уæ-æртæ нæмыджы тыххæй, дам, Æыбыд рæдзæгъд æнæсыгъдæй ныууадзьщ — Сæрхъæн ми у. Менени. Дыууæ-æртæ нæмыджы! Сæ иу — æз, се ’ннæтæ — йæ мад, йæ фырт, Иæ ус æмæ нæ ацы сахъ æфсæддон. Сымах та — ’мбыд зыгуым; йæ тæф уæлæрвтыл Кæмæн æмбæлы. Судздзыстæм уæ -фыдæй! С и ц ин и. Нæу уайдзæф хос. Æххуыс кæнын дæ кæд Нæ фæнды махæн не ’намонддзинады, Уæд та нын æй нæ цæстмæ ма дар. Бавдæл, Уæддæр та Ромæн минæвар ныллæуу, Кæрдаг у де ’взаг, — бантысид ын, тагъд нæм Цы ’фсад фæзынид, уымæй дæр фылдæр. Ме н е н и. Нæ, ахæм цъассы мæн бырын нæ фæнды. С и ц и н и. Дæ хорзæхæй, цæугæ дын у! Менени. Цæмæн? Брут. Цынæ-ма вæййы, чи зоны ’мæ Ромæн Уæ хæлардзинад феххуыс уа. Мене н и. Æмæ мæ, Коминийау, куы расура, кæнæ мæм Куы нæ байхъуса, ме ’рдхорд мыл йæ маст Куы ныккала, куы раздæхон æгадæй, Уæд та? С ици н и. Уæд дын фыдыбæстæ зæгъдзæн,
Цы хæрзиуæг ын ракæнынвæнд кодтай, Гъеуымæ— бузныг. Менени. Цæй, разы, фæлварын. ’ Цыма мæм хъусгæ бакæндзæн, æниу, Коминимæ дæр зул куы каст, йæ былтæ Куы ’хсыдта. Ахæм ма æнамонд уа! Комини йæм куы бацыд, уæд йæ уагыл Нæ уыди кæд, æххормаг кæд уыди? Куы уæм æххормаг, туг куы нæ фæтавы, Уæд нæ сæумæйыл дæр нæ тавы хур, Нæ барæм уæд, чъынды вæййæм æхцайыл. Фæлæ нæ дадзинтæ куы вæййынц дзаг Сæнæй æмæ хæринагæй, нæ зæрдæ Уæд цас хуыздæр у, дзуарылæгтау ком Куы фæдарæм, уæды сахатæй. Раст æм Фæссихорыл фæзындзынæн æз дæр, Кæд мæм æфсæстæй байхъусид хуыздæр. Менени. Ды йьш фæндаг йæ хорз зæрдæмæ зоныс, Дзæгъæлгæнæн дын нæй. Менени. Цы уа, уый уæд, - Цы уыдзæн, уый та базондзынæн тагъд. Цон, бавзарон, (Ацæуы.) К омин и. Нæ йæм байхъусдзæн никæд Кориолан. Сиц и н и. Ау, афтæ ’нхъæлыс? Комин и. Æз Мæхæдæг федтон: халагъуды бады, Зæринфæлыстæй, цæстытæ арт уадзынц, Цыма сæ Ромы судзынвæнд кæны. Хатыр йæ масты ахæстоны баруад. Мæ зонгуытыл куы ’рлæууыдтæн йæ разы, Уæд дæндæгты зыхъхъырты загъта: «СыстЬ Æмæ мæ къухæй рарвыста, — ыстæй мæм Æрбарвыста фыстæй: цы у йæ бон Æмæ цы нæ у; уымæн æмæ волсктыл Ныхасæй баст у, бахордта сын ард. 506
Уæдæ ма ис зыбыты иу ныфс махæн — Йæ хæрзæгъдау æфсин æмæ йæ мад, Цæуынц æм уыдон хатынмæ, цæмæй, дам, Йæ фыдыбæстæн бахатыр кæна. Цæй,*цом, уæдæ, фæтагъддæр кæнæм уыдон. Ацæуынц. 2СЦЕНÆ Ромы цур волскты лагермæ бацæуæны. Сæ бынæтты лæууынц хъахъхъæнджытæ. Бацæуы вæм ч М енени. 1-аг хъахъхъæнæг. Æрлæуу! Зæгъ, чи дæ ды? 2-аг хъахъхъæнæг. Æрлæуу! Фæстæмæ! Менени. Хорз, хорз! Иттæг хорз хъахъхъæнут, лæппутæ. Фæлæ æз — хица^, мæн цыдæр хъуыддаг и ’ Кориоланмæ. 1-аг хъахъхъæнæь Ды кæцон дæ? Менени. Ромаг. 1- а г хъахъхъæнæг. Æрлæуу! Нæ фæтæг Ромы кой нæ уарзы. 2-аг хъахъхъæнæг. Ром басудздзæни, фæтæджы уæддæр Нæ фендзынæ. Ме н е н и. Мæ хæлæрттæ, уæ фæтæг Куы дзырдта Ромыл, йе ’рдхæрттыл, уæд уын, — Æз ард хæрын, —уый ракодта мæ кой дæр. Æз дæн Менени. 1-аг хъахъхъæнæг. Гъеуæддæр — фæстæмæ! Ам ахæм номимæ дæр нæй фæндаг. М е н е н и. Хъус-ма, лæппу, дæ фæтæг уарзта мæн. Уыдтæн æз. чиныг, йе ’сгуыхтытæ хаст Кæдæм цыдысты. Йе ’мбæстаг цæрджытæ Уым кастысты йæ намысджын хъуыддæгтæ, Æцæг-иу сæ чысыл фæкодтон æз 507
Цæхджындæр, уымæн æмæ æз хæлæрттæн (Дæ фæтæг та сæ тæккæ хуыздæр уыд) Сæ кадджын ном бæрзонд æвæрын уарзын, Фæлæ^иу хатгай адзæгъæл дæн, раст Дымд тымбылæг куыд акъул вæййы, афтæ, Æмæ-иу уæд мæ фыстмæ бафтыд мæь/г. Гъеуымæ гæсгæ, бауадз мæн, мæ хæ^ар. 1-агхъахълъæнæг. / Сомы дын кæнын, дæхи кадæц? цы гæдытæ фæ~ дзырдтай, уыдонæй. Гæдытæ мæ фæтæджы кадæн куы фæдзырдтаис, уæддæр дæ нæ бауагътаин, Нæ, суанг гæдыдзинад хæрзæгъдауыл нымад куы цæуид, уæд- дæр. Гъеуымæ гæсгæ — фæстæма^! Менени, Уый бамбар, мæ хæлар: мæ ном у Менени, æз æдзухдæр уыдтæн дæ фæтæджы фарсхæцæг. 2-аг хъахъхъæнæг. Растдæр зæгъгæйæ, мæнгдзурæг,—дæхæдæг куы загътай,—æдзух ыл гæдыныхæстйе фыстай. Уый хыгъд æз хъуамæ лыг кæнон иттæг раст иугæр æм служ- * бæйы дæн, уæд. Уымæ гæсгæ дын зæгъын: нæ дæ уадзын. Аздæх! М е н е и и. Уæд та мын уый зæгъ: сихор бахордта æви нæма., Кæд нæма бахордта, уæд йемæ фæлтау нæ ныхас кæ- нын. 1-аг хъахъх^æнæг. Ды ромаг дæ, нæ? М е н е н й. О, раст дæ фæтæгау. 1-аг хъахъхъæнæг. Уæдай, уыйау, хъуамæ Ром дæуæн дæр уæнгæл уа; Цæуыл дæ зæрдæ дарыс? Фыццаг уæ хуыздæр хъахъ- хъæнæджы феддæдуар кодтат, уе ’знагæн радтат уæхи уарт, цæмæй балхæдтаиккат æнæсæрымагъз сау адæ- мы зæрдæ, æмæ ныр афтæ ’нхъæлут, уæ зæронд усты- ты тъизынæй, уæ чызджыты хатыркурæг дзуарæвæрд къухтæй æмæ сæ зонд кæмæн фæцыди, дæ разы дæ- уау, уæ уыцы зæронд хебреты кæуæццаг лæгъстæй уæ- хи бахиздзыстут мастисæн бон? Æви де ’нæбон улæф- тæй, уæ горæт уын а ныр уа, уæд чи басудздзæн, уы- цы арт ахуыссын кæнынмæ хъавыс? Нæ, нал дын бан- тыст! Уæдæ — фæстæмæ! Аздæх Роммæ, уадз сæхи 508
цæттæ кæной мæлæтмæ. Уæ тæрхои >аст у. Нæ фæтæг ард бахордта, хатыр уæ иуæн дæр — никæд. Менени. Æгæртæ ма кæн! Дæ хицау куы зонид, æз ам дæн, уый, уæд мæ райсид кадимæ. 1- а г х ъ а х ъхъ æн æг, Иуварс лæуу. Мæ хицауæн ды йæ уæны ’рхæджы дæр нæ дæ. М е н е н и. Æз дæ центурионæй нæ зæгъын, фæлæ уæ сæйраг æфсадхонæй. 1-аг хъахъхъæнæг. Æмæ уый демæ цы хъуыддаг ис? Фæстæмæ! Фæс- тæмæ! Æз кæмæ дзурын? Уайгæ, науæд дын, дæ буа- ры ма цы туджы æртах баззади, уый рауадздзынæн. Фæстæмæ! ; Ме н ени. О, фæлæ-ма байхъус, мæ лымæн, байхъус... Бацæуынц К о р иолан æмæ А в ф иди. К о р и о л а ’Н. Цы хабар и ам? Ме н е ни. (1-аг хъахъхъæнæгæн.) Багъæц, ме ’рдхорд, æз ын дæу тыххæй зæгъдзынæн! Ды нырма фендзынæ, мæ- нæн ам цавæр аргъ кæнынц. Зон, иу цавæрдæр цæгæр- хæрд хъахъхъæнæджы’ бон ликæд бауыдзæн мæн Ко- риоланæй асурын: уый мæнæн хъæбулау у, хъус нæм, цьШæ куыд ныхас кæнæм, æмæ дæ бауырнæд, æрцауындзынæй кæнæ дын æндæр мæлæтæй аирвæ- зæн кæй нæй. Кæс уæдæ, кæддæра ныртæккæ фыр- тæссæй куыд. басур уаис. (Кориоланæн.) Кадджын хуыцæуттæ дын ахъаз кæнæнт сæ хæрзиуджытæй æмæ дæ уарзæнт дæ зæронд фыд Мененийау. Мæ хъæ- бул, мæ хъæбул! Ды махыл хъавыс арт бафтауынмæ, фæлæ йæ ацы цæстыты сыг аххуыссын кæндзæн. Ро- мæгтæ мын бирæ фæлæгъстæ кодтой дæумæ рацæуы- ныл, фæлæ æз æнæ уыдон куы зыдтон, дæ зæрдæ дын зёрмæст æз кæй фæцагайдзынæн, æмæ фæстагмæ сразы дæн рацæуыныл. Ракæс, æз, æз дын лæгъстæ кæнын—ныббар Ромæн æмæ де ’мбæстæгтæн, х-^уы- рыцъарæй дæм хатынц. Хæрзаудæнгæнæг хуыцæут- тæ дын дæ маст æртайын кæнæнт нæ цæстысыгты æм<æ ма дзы чи баззайа, уый ныккалæнт мæнæ ацы 509
магусайыл, ацы къодахыл, мæ фæндаг мын дæу^& чи сæхгæдта. ’ К о р и о л а ’Н. Цæугæ! Ме н ени. Куыд! Цæугæ? К о р и о л а н. Фырт, мад, æфеин — нæ, нал сæ зонын æз„ Мæ хъуыддаг ныр æндæртæн кæны службæ. Æз исын маст, иыххатыры бар та Ис волскæгтæм. Нæ хæлардзинад рохы Ныууадздзынæн, уæддæр лæмæгъ зæрдæ Нæ равдисдзынæн, иудзинадæй раздæр Куыд баст уыдыстæм, уый тыххæй! Цæугæ! Мæ хъустæ сты уæ лæгъстæн баст, уæ дуæрттæ Мæ -салдæттæн куыд æхгæд ысты, .афтæ. Фæлæ мын ды зынаргъ уыдтæ кæддæр Æмæ айс мæнæ а гæххæтт, дæумæ йæ Фыстон .æмæ йæ арвитынвæнд кодтон •' Чысыл раздæр дæумæ. (Ратты йæм гæххæтт.) Ныр та, Менени, Цæугæ, уæлдай дзырд — нал. — Авфиди, Ромы Мæ хæлар уыд, фæлæ йæ ныр, уынын... Авф и ди. Фыццагау дæ цæмæйдæридцæр,— раст у. Кор иолан æмæ Авфиди ацæуынц. 1-аг хъахъхъгæнæг. Цæй куыд, кадджын лæгу уæдæ, зæгъыс, дæ ном у Менсни? 2-аг хъахъхъæнæг. Ахæм ма диссаджы тыхджын ном уа! Уæхимæ фæндаг дæхæдæг ссардзынæ? 1-аг хъахъхъæнæг. Мæлæты тынг нæ нæ бафхæрдтой, ахæм бæрзон- ды\дбадæджы нæ бауадзыны тыххæй! 2-аг хъахъхъæнæг. Дæ хорзæхæй, куыд нæ базыдтой, фыртæссæй куыд басур дæн, уый. Мен ени. Мæн ницыуал хъуыддаг ис налдæр уæ фæтæгмæ, налдæр ацы дунемæ. Сымах хуызæн ницæйæгтыл та мæн хъуыды кæнын дæр нæ фæнды. йæхи марын чи сфæнд кодта, уый нал фæтæрсы марджытæй. Уадз уæ 510
фæтæг бак&на йæ сау хъуыддаг. Сымах та баззайут, цы стут, уымæй, уæ талынгдзинад фылдæр куыд кæна азæйазмæ. Уæхи ныхæстæй уын дзуапп дæттын: «Мæ цурæйдард!» (Ацæуы.) 1-аг хъахъхъæнæг. Æвæдза, раст зæгъгæйæ, лæгау лæг у! 2-аг хъахъхъæнæг. Нæ, лæгау лæг — уый нæ фæтæг у, къæдзæх у, на- уæд тулдз — дымгæ йæ нæ фæлдахы. Ацæуынц. 3 СЦЕНÆ Кориоланы цатыр. Бацæуынц Кориолан, Авфид и æмæ æндæртæ. Кориолан. Уæдæ, æртыхсдзæн райсом Ромыл не ’фсад. (Авфидийæн.) Дæуæй æз куры^; ’ме ’фсæддон æмбал, Ныффыс сенатмæ, волсктыл тынг æнувыд Кæй уыдтæн, уый. Ав фи д и. Кæддæриддæр зылдтæ Ды мах пайдайыл, ромæгты лæгъстæм Нæ байхъуыстай, ныфсджын дæ чи уыд, уыцы Хæлæрттæн дзуапп нæ радтай. Кориолан. А зæронд лæг, Кæй арвыстон ныр саст зæрдæйæ, уый мæ, Хъæбулы фыд куыд уарз^, афтæ уарзта, — Йæ зæд уыдтæн. Фæстаг минæвар уыд, Р1æ фæстаг ныфс ма Ром æвæрдта ууыл. Нæ хæларад зæрдылдаргæйæ, æз, Кæд уазал цæстæй ракастæн, уæддæр та Æз Ромæн загътон фидыды æууæлтæ, Нæ фыццæгтау, фæлæ сæ уæд нæ райстой, Ныр дæр сæ райсой, уый æнхъæл нæ дæн. Хæрз чысыл сæ фæрогдæр кодтон æз, Цæмæй æнцон уа зæрондæн (фылдæрмæ * Æнхъæлмæ касти уый). Нырæй фæстæмæ Мæн нал фæнды сæ минæвæрттæм Ромæн 511
Нæдæр кæсын, нæдæр сæм хъусын. Фæссценæйæ хъуысы хъæлæба. Уый та Цы хъæр у уым? Лæгъстæмæ та, цæм^й - Æртасон æмæ фехалон, ныртæккæ Цы ард бахордтон, ацы ран? Нæ, кикæд! Бацæуынц саударæн уæлæдарæсы В и р г ь■ л и, - В о лум ни, чысыл Марцийы йæ фæдыл хонгæйæ, 3 ал ер и æмæ ф æсд з æуинтæ. Æрбацæуы мæ бинойнаг! Йæ фæдыл — Иæ фыртыфырты хоигæйæ, цæуьт Мæ ацы буар ныййарæг. (Йæхимæ амонгæиæ.) Иуварс, уарзон! Æртхутæг фестад, мах цы бæтты, уый! Нырæй фæстæмæ дурзæрдæ уыдзæн Мæ хæрзиуæг! Фæлæ цы< гуыр, цы рæсугъд Цæстытæ ис мæ къайæн! Адон раз Иæ карз ардбахæрд аивид хуыцау дæр. Мæ зæрдæ стыхстис. Инг-Цтау æз даЬр Куы нæ дæн дурæй амад л.æг. Мæ разы Æрзоныгыл мæ мад, цыма Олимп Зæрдæфæлмæнгæнæджы раз æртасдзæн. Мæ лæппу та лæгъстæйы каст кæиы. Цыма мæм æрдз — æнусон хицау — сиды: «Ныббар нын!» Нæ, уадз волсктæ скъахой Ром<л, Итайлаг зæхх хуымгонд æрцæуа уадз,— Лæпдын цъиуау, ныййарæгыл нæ тыхсын, Лæудзынæн фидар, раст цыма уыдтæн Мæхи кæнæг. Нæй бинонтæ мæнæн. В и р г и л и. Мæ мой, мæ сæрыхицау, нал нæ зоныс? К о р и о л а н. Мæ цæстытæ мын фендæр кодта Ром. В и р ги л и. Уый уымæн афтæ ’нхъæлыс æмæ мах хуыз /Маст аивта. Кориолан. Æвзæр актерау, æз Фæцудыдтон, мæ худинагæн, ролæй, I Мæ хуыздæр хай, мæ тызмæг мын ныббар, Фæлæ мæ ма дом ромæгтæн ныххатыр. 512
(Ба кæны Виргилийæн.) Дæ ба -г æхсызгон, мастисынау, даргъ та — Б’æстæй фæсырдау! Уарзондзинады Сыгъдæг бардуагæй ард хæрЫн, фæстаг хатт Куы ба кодтам, уый никуы счъизи кодтои. — О зæдтæ! Даргъ дзæнгæдайыл мæ байрох Уæздандæр мадæн зодгуытыл æрлæууын! (Æрлзёууы йæ зонгуытыл.) Мæ зонгуытæ, æркъæдз ут æмæ зæххы Уæ фæд ныууадзут кадгæнæг лæппутæй Æппæты арфда^р. Волумни. Рабад æмæ зæдтæй У арфæгонд. Фæлмæн базыл нæ—дуртыл Ныззоныгыл кæндзынæн æз дæ разы, Цæмæй дын радтон ахæм кад, нырмæ Кæй лæвæрдтой сывæллæттæ рæдыдæй Сæ мацæлтæк(Æ рлæууы йæ зонгуытыл.) Кор и о л а н. \ Куыд! ЗонгуЫтыл лæууыс Ды афтæ карз æфхæрд фырты раз? Арвмæ Фæхауæнт цинæй денджызгæрон дуртæ: Сæрбæрзонд тулдзбæлæсты хихтæй уад Фæнæмæд артау судзæг хуры. Иугæр Гæнæн цæм.æн нæй, уый уын бантыст, уæд Цæмæндæриддæр ис гæнæн. В о л у м н и. Мæ хæстон, Мæнæй гуырд дæ. (Валеримæ йын амонгæйæ.) Дæ зæрдыл ма лæууы? К о р и о л а н. ’ Сыгъдæгдзинады бардуаджы уæздан хо, О ромаг мæй, Дианæйы рухс дзуары Фыруазалæй цы ихтæ ’рзæбул царæй, Ды уыдонау, сыгъдæг!.. Салам, Валери! - В о л у м н и. (Кориоланмæ бакæны йæ лæппуйы.) Мæнæ дын уый та де ’нгæс чысыл саби, Фæстæдæр та, куы слæг уа, уэед уыдзæн Дæ хæрз хуызæн. 33 Шекспир 513
К о р и о л а н. • Хæсты бардуаг дын раттæд Бæрзонд хуыцауы барвæндæй æхсар, Æгад куыд никæдбон фæуай, хæдгæйæ Куыд лæууай фидар, айнæгау, дæ хуыз Кæмæ зына, куыд хизай уый мæлæтæй. Волумьи^ Дæ зонгуытыл æрлæуу, лæппу. Кор ио л а н. Мæ хъæбул! В о л у м и и Валери, де ’фсин, æз æмæ дæ фырт — Дæуæй курæг æрбацыдыстæм... Кориолан. Банцай! Кæд нæу дæ бон æнæ кургæ,*уæд зон: Цы ард бахордтон, нæй мын уымæй цудæн. Сыбыртт дæр ма скæн, зæгъгæ, де ’фсад ауадз, Йе Ромы сау æрмгусджытимæ скæн Фæрнæйдзаг фидыд, дурзæрдæ мæ ма схон, Мæ зондмæ ма сид — не ’рцæудзæн мæ маст> Мæ пырх сыл хъуамæ акалон. В о л у м н и. Æгъгъæд у! Дæумæ лæгъстæм æрбацыдыстæм мах Æмæ сыбыртт нæма скодтам, уæд нын «Нæ байхъусдзынæн» рагацау куыд загътай? Фæлæ дæ курæм мах уæдд’æр, цæмæй, Куы нæ байхъусай мах лæгъстæм — мыггагмæ Дæ дурзæрдæ дæ худинагæн уæд Ныффæлдæха дæ номыл. Уæдæ байхъус. Кориолан. Авфиди, волсктæ, рацæут хæстæгдæр. Æз ромæгтæм æнæ сымах нæ хъусын. — Цы курут? В о л у м н и. Уый нæ дзурæм мах, дæхæдæг Нæ хуыз æмæ нæ цæсгæмттæм æрбакæс — Куыд цардыстæм дæ расырдæй нырмæ. Зæгъ-ма: кæм уыдзæн дунейыл сылгоймаг Æнамонд махау? Ам дæ уындмæ хъуамæ Мах фырцинæй кæугæ кæниккам ныр, Нæ зæрдæ раид рухс а^ондæй, — мах та Ныфссаст кæнæм дæ уындæй æмæ ризгæ. 514
Дæ мад, дæ фырт, дæ усæн фенын кодтай, Куыд æвдæрзы йæ фыдыбæсты риу Фырт, мой, фыд. Ды нæ карз фыдгул уай, уый Зындæр у махæн иннæтæй; дæу тыххæй Нæй кувæн махæн, —удæнцоймæ ыын Æхгæд у фæндаг. Иу афон куыд кувæм Дæ уæлахизмæ, хæс куыд домы, афтæ, Æмæ нæхи рæсугъд фыдыбæстæн Йæ улахизмæ, хæс куыд домы, афтæ? Гормон! Мах йе нæ дарæг фыдыбæстæй Кæнæм æнæхай, йе — дæуæй, ныфсæн нын Кзей радта, уымæй. Мах куыдфæнды кувæм Хуыцæуттæм — мастæй аирвæзæн нæй: Ау, ды кæнæ хъадамантимæ уынгты Цæудзынæ, куыд æцæгæлон, уæйгæнæг, Кæнæ фыдыбæсты ныппырхмæ ды Хæсдзынæ кады худ дæ сæрыл, хæсты Кæй ныккалдтай дæ ус, дæ фырты туг, Гъеуый тыххæй. Æз та, лæппу, æнхъæлмæ Нæ кæсдзынæн, хъысмæт^цы зæгъа, уымæ: Хæсты фæудмæ нæ баддзынæн æнцад: Иугæр мæ бон нæу де ’ртасын кæнын Сæ дыууæтæн дæр бахатырмæ, нæй дын Æнæсафгæ сæ иуты, зон уæд: Роммæ Бырсгæйæ дæу кæй бахъæудзæн фыццаг Цæрæнбон дын цы гуыбын радта, ууыл Ныллæууын къахæй. В и р ги л и. Стæй мæныл, дæ хъæбул — Дæ номдарæг кæй хуылфы равзæрд, ууыл. Л æ п п у. Уæдæ мæныл нæ ныллæудзæн, æз арф Нымбæхсдзынæн æмæ куы слæг уон, уæд Хæцдзынæн. Кориолан. Лæг цæмæй фæлмæнвад ма суа — Кæсын нæ хъæуы сабитæ ’мæ сылтæм. Æгæр фæбадтæн ам. (Сысты.) Во л у м н и. Цæугæ дын нæу. Мах ромæгтæн куы куриккам хатыр Ды кæй фарс хæцыс, уыцы волскты сæфтæн, 515
Уæд нын дæ бои у бауайдзæф, зæгъгæ, мын Мæ номыл калут марг. Фæлæ дын мах Лæгъстæ кæнæм, дыууæ адæмæн се ’хсæн Куыд байтауай хæрамы бæсты фидыд, Куыд зæгъой волсктæ: «Ракодтам сын хор:,æх!> Стæй ромæгтæ: «Æмæ йæ райстам мах!» Цæмæй дын дзурой дыууæтæ дæр иумæ Саламтимæ: «Хуыцауæй райгонд у, Нæ хæрзгæнæг!» О ме стыр фыр’т, ды зоныс,. Мæнг кæй у амонд хæсты, фæлæ раст Ис иу хъуыды: куы басæттай ды Ромы, Уæд иу хæрзиуæг райсдзынæ ды — ном, Цæрæнбонты кæй кæндзысты ’æ’лгъитгæ Æмæ бынæй кæуыл æрцæудзæн фыст: «Егъау лæг уыд, фæлæ йæ фæстаг м’ийæ Йæ бирæ хæрзты бакодта хæрзбын. Йæ фыдыбæсты фесæфтæй æнусмæ Фæхудинаг». Мæ хъæбул дзуапп мын ратт! Дзырдтай-иу, зæгъгæ, уды стырдæр намыс Хуыцауы ’мсæр хатыр кæнынæй у, — Йæ цæхæрæй куы цæвы уый, уæд мигъты Ныррæхойы, стæй йе ’рттиваг фæттæй Æрмæст фæцæвы тулдзты. Цы ныхъхъус дæ? Ау, уæд уæздан зæрдæйы хицау, маст Æмбæхст дары? — Нæ, дурæй у йæ зæрдæ! — ’ Чызг, бахат ды. — Лæппу, ды дæр дзы кур. Дæ дыбал-дыбул мах цæссыгтæй кæд Фæхистæр уаид. А дунейыл мадæй Фылдæр хæсджын та чи у уымæй, — ничи, Фæлæ уæддæр æнæ дзуаппæй йæ разы Цагъайрагау, фæхатын кодта мæн. — О, алкæддæр хæрам уыдтæ ды мадмæ, Йæ коммæ иикæд кастæ, кæд йæхæдæг, • Къуыртты каркау, хæрз иунæгæй æрмæст Дæ мæтæй цард æмæ дæу хъомыл кодта Хæстæн, уæддæр, дæ раздæхтмйе—иу стæрæй Æнхъæлмæ касти кадимæ... Кæд ныр Нæ курдиат нæу раст, уæд — сургæ мæн; Фæлæ кæд раст у, уæд дæуæн нæй намыс, Æмæ дыл маст ныккалдзæни хуыцау, Кæй аздæхтай ^æ хъомылгæнæг мады Æнæ дзуаппæй. —Йæхи ныл атигъ кодта!— Уæ зонгуытыл. Йæхйуыл кæд фæхудид! (Сегас дæр сæ зонгуытыл æрлæууынц Кориоланы раз.) 516
Кориолан у, уыцы ном нæ зоны Тæригъæд, уый сæрбæрзонддзинад у. Фæстаг хатт ма йæ къæхты раз æрхауæм. Куы зæгъа, «нæ», уæц аздæхæм хъæмæ, Мæлæт нæхимæ райсынмæ. — Æркæс нæм, ■ Уæд та дæ чысыл сабимæ: нæ зоны, Цы куры, уый, фæлæ дæм дары махау, Йæ гуккытæ, йæ зонгуытыл лæугæ. Ау, махæн ды цæй тыххæй зæгъыс «нæ», Уый уыдонæй тыхджындæр куы у бирæ.— Æгъгъæд у. Цомут. Ацы лæг зæххыл Фæзынди волскаг мадæй, стæй йæ ус та Ис Кориолы, ацы саби та Æнæнхъæлæй у уый хуызæн.—Цæмæн Нæ сурыс мах? Æз уал хæцын мæ дзыхыл, Фæлæ куы скала мах горæт фæздæг, Уæд, бахъуыды кæ, — сдзурдзынæн! Кориолан. О мад, Дæ лæпнуйæн цы ми бакодтай! Скæс-ма, Арв аскъуыди æмæ хуыцæуттæ худгæ Æгъуыстаджы уынинагмæ кæсынц. О ме ’схæссæг! Хæрзамонды уæлахиз Дыч райстай Ромæн, о, фæлæ йæ зон, Кæй бакодтай тæссаг мæлæтдзаг ранмæ Дæ хъæбулы. Фæлæ цы уа, уый уæд! — Авфиди, кæд куыд вæййы, афтæ нæу Мæ бон хæцын, уæд кадвидыд хуыздæр у. Зæгъ-ма, хæларзæрдæ Авфиди, ды Мæ бынаты фæлæууыдаис фидар, Нæ бакастаис мады коммæ? Ау, Зæрдæ дæр ын нæ хъуыд? Зæгъ-ма, Авфиди! Ав фи д и. Мæ цæссыг дæр æрцæйкалди. Кориолан. Хæрын Дæуæн æз ард, кæй дзурыс ды рæстдзинад. Мæ цæстытæй дæр афтæ ’нцон куы нæу Тæригъæдмæ сыг рауадзын, мæ хæлар. Фæлæ-ма зæгъ, куыд балæвар кæнæм Рæсугъддæр фидыд? Зон, мæхицæн Роммæ Æхгæд у фæндаг. Уемæ здæхын æз. Хъæуы мæ де ’ххуыс.— Мад! Æфсин! Мæ хъæбул! 517
Ав фи д и. (Фæрсмæ) Хорз у, дæ зæрдæ зондимæ кæй фæци Ныхæй-ныхмæ,— уый раздахдзæн мæнæк Мæ ивгъуыд бонты кадджын ном. Сылгоймæгтæ, хъавынц Кориоланæн хæрзбон зæгъынмæ. Кориолан. Фæлæуут! Фæйнæ сæйы уал баназæм, нæ бадзырд Уыдзæн тыхджындæр, уый фæстæ йæ Роммæ Фæхæсдзыстут. Цом, сылгоймæгтæ. Ацы Уæлахизмæ уын самаиккой хъуамæ Бæрзонд гæнах. Æнæ сымах, æгас Итайлаг паддзахæдтæ дæр сæ кæрдтæй Нæ байстаиккой ахæм фидыд махæй. Ацæуынц. 4 СЦЕНÆ Ром. Фæз. Бацæуынц Менени æмæ Сицини. Менени. Уалæ уыныс Капитолийы бæрзонд тигъ, йæ кæ- ройнаг дур? Сицини. Уынын. Гъемæ цы? Ме н е ни. Кæд уый дæ кæстæр æнгуылдзæй фезмæлын кæн- дзынæ, уæд ныфс ис, ромаг устытæ, уæлдайдæр та йæ мад, Кориолаиы кæй æртасын кæндзысты, уымæй. Фæлæ дын зæгъын: уый ма ’нхъæл! Нæ къубæлттыл бæндæн æлхынцъ у — æрмæст ма йæ хъæуы балва- сын. Сицинн. Искуы дæр ма лæг ахæм цыбыр рæстæгмæ афтæ аивы? Ме н е н и. Цыллæйы калм дæр гæлæбуйы хуызæн нæу, аф- тæмæй гæлæбу раздæр цыллæйы калм уыди. Марци адæймаг нал — тæхаг калм у: уымæн разади базыр- тæ æмæ йæ зæххыл бырын нæ хъæуы. С и ц и н и. О, фæлæ уый афтæ тынг уарзта йæ мады!..
М е н е н и. ’ ’ Мæн дæр. Фæлæ ныр йæ мадыл астаздзыд уыр- сæй уæлдай нал хъуыды кæны. Æлхынцъæрфыг куы уа, уæд йæ уындæй рæгъæд сæнæфсир туаг кæны, Фидæрттæ сæттæн мæсыгæй уæлдай нæу: йæ бьщы зæхх ризгæ кæны. Иæ хъæлæс — æрвнæрдау, йæ ны- хас — сармадзаны гæрахау. Къæлæтджыныл, уæхсчы- тылдарæнæй æмбæрзтæй, бадгæйæ — Македойнаг Александры статуйæйы хуызæн вæййы. Бардзырд лæ- вæрд нæма фæвæййы, афтæ йын æй сæххæст кæнынц. Скæнут æй æнæмæт, раттут ын паддзахы бандон уæ- ларвыл — æмæ уыдзæн сыгъдæг хуыцау. С и ц и н и. Уый тыххæй ма йын нæ фаг кæны тæригъæдгæ- нæг зæрдæ. Кæд æй ды, кæй зæгъын æй хъæуы, расг равдыстай, уæд. Менени. Æз æй равдыстон йæхи хуызæнæй. Мæнæ. фен- дзынæ, кæддæра цавæр хорзæхимæ раздæхид йæ мад. Тæригъæд кæны, стай æхсыр цас кæны, уыйас. Рæх- джы нæ горæт уый йæхиуыл бавзардзæн. Уыдон иу- уылдæр , сымах тыххæй! Си ци н и. Хуыцæуттæ нын батæригъæд кæнæнт! Мен е ни. Нæ, ацы хатт нын нал ныббардзысты. АрдыгагЗг йæ куы сырдтам, уæд сæ кой дæр куы нæ скодтам. Уый хыгъд, нæ бæрзæйтæ здухынмæ нæм куы фæзы- на, уæд нæ уыдон дæр нал æрымысдзысты. Бацæуы фæд исо н. Ф æ ди с о н. Трибун, уæхимæ лидзгæ, науæд сæфыс! Дæ хæлары дын сау адæм æрцахстой, Йæ къаёхтæй йæ фæласынц уынгты. Ард Хæрын, хатыр нын ромаг устытæ Куы не ’рхæссой, къабазгай нæ фæйнæрдæм Ныккæндзысты. Бацæуы д ыккаг ф æ д ис он. Цы хабар ма ис ногæй? 2-аг фæдисон.. Хорз, хорз! Фæкæны волскты ’фсады Марци! Уæлахиз райстам! Ромаг сылтæн кад! Нæма уыд ахæм амондджын бон Ромы, 5№
Тарквинийы куы фæсырдтам, уæдæй. Сицини. Нæ фæрæдыдтæ, ме ’рдхорд?' Уый’ æцæг у? 2-агфæдисон. Æцæг у, хур куыд рухс кæны; раёт афтæ. Кæм уыдтæ ды, цæуылнæ дæ уырны? Дон хиды бынты афтæ тагъд нæ уайы, Куыд уайынц адæм горæты стыр дуæрттæм, Сæ зæрдæты та ног ныфс бацыд. Хъус-ма! Фæссценæйæ уасæнты æмæ барабанты хъæр, хъæлдзæг хъæлæстæ. Уый ромæгты кимвалтæй, барабантæй, Трубатæй, флейтæтæй æмæ хъæртæй Хур а ныр уа уæд ракафдзæни. Хъус-ма! Ног та хъæртæ. Менени. Хорз’хабар у! Цон сылгоймæгты размæ, ; Волумни у æгас горæты дзаг Патрицитæй, сенатортæй зынаргъдæр; Стæй консултæй, сымах куызæн трибунтæй Хуымыдзагæй хуыздæр; фæкуывтат бирæ, Æвæццæгæн, сæумæйыл. Абон æз Уæ хуызæттæй дæс мин хъæлæсыл суари Нæ раттаин.—Куыд райынц Ромы, хъус-ма! Хъæртæ æмæ- музыкæ. С и ц и н и (2-аг фæдисонæн). Фыццаджыдæр дын арфæтæ хуыцауæй Дæ хабармæ, дыккагæй та — мæнæй Хæрзиуæг айс. 42-аг фæдисон. Ныр алкæмæн дæр аххос Зæрдиаг арфæ ракæнынæн ис. С и ц и н и. Цымæ ма дард уой горæтмæ? 12-аг фæдисон. Хæрз æввахс Егъаудæр дордтæм. Сицини. Цом уæдæ сæ размæ, •520
Горæтæгтимæ цин кæнын хъæуы. Ацæуынц. 5 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Горæты дуæртты цур уынг. Бацæуынц В олу мни, Вир ги ли, В ал е р и æмæ иннæтæ, семæ с е наторт æ, æлдæрттæ æмæ ад æм, уыдон ацæуынц, сценæйыл иннæрдæм. 1 - а г с е н а т о р. Кæсут-ма, Ромы бахизджытæ мæпæ, Нæ ирвæзынгæнджытæ! Ромаг адæм! Уæ цин кæнут, æртытæ судзут, райгæ! Æнæмæлæт хуыцæуттæм кувут! Тау^г Сырх дидинджытæ устыты фæндагыл! Уадз, Марцийы цы хъæр фæсырдта, уый Нæра тыхджындæр мады номыл шшæй, Фæстæмæ йын куыд раздаха йæ фырты! Зæгъут: «Æгъдауджын устытæн салам!» С ег ас. Æгъдауджын устытæн салам зæрдæйæ! Трубатæ æмæ барабантæ. Иууылдæр ацæуынц. 6 СЦЕНÆ Кориол. Фæз. .^Бацæуы.Тулл Авфиди йæ фæсдзæуинтимæ. Ав фи д и. Æрцыдтæн, уый сенатортæн зæгъут. Уадз ацы чиныг бакæсой æмæ Ныртæккæ фæзмæ рамбырд урй, сæ разы, Стæй адæмæн æз раргом кæнон, уым Цы фыст ис, азымджын цы лæджы хонын, Уый тагъд уыдзæни горæты. Уый хъавы, Йæхи ныхæстæй сраст кæнынмæ, — ам Нæ адæмимæ дзурынмæ. Фæтыидзут. Ф æ сдзæ уинт æ ацæуынц. Бацæуынц æртæ-цыппар фыдвæндгæнæджы Авфидийы хъузæттæй. Салам. №
Т - а г фыдвæндг æ.н æ г. Куыд цæрыс, хорз фæтæг? А в ф ид и. Лæджы Мæгуыргурæй йæ сафæг чи фæкæны, Иæ хорз зæрдæ кæй бабын кæны, уыйау. 2 - а г фыдвæндгæнæг. Фæтæг, цы хъуыддаг бакæнынмæ нæм Фæсидтæ, ууыл кæд дæ фæнд нæ ивыс, Уæд тасы ран дæ хъахъхъæнджытæ— мах. А в ф и д и. Фыццаг уал базонут, кæй фарс у адæм. 3-аг фыдвæндгæнæг. Кæд ын дыууæйæ ’взарыны бар уа, Гуырысхогæнгæ уæд кæсдзæн æнхъæлмæ, Цæмæй уæ иу æрхауа æмæ иннæ Æрцахса бынтæ. Ав ф ид и. Уый æмбарын æз. Æрцыд рæстæг ныццæвынæн. Бæрзондмæ Фæцыди Марци. Уый сæрыл дзырд радтон Мæ намысæй, фæлæ куы фæфидар, Уæд мын козбау æмæ цæстмæхъус митæй Мæ хæлæртты йæхи фæкодта. Суанг ма, Цæмæй йæ фæндтæ баххæст уой хуыздæр, Йæ карз, йæ тызмæг, йе ’нæдомд ахаст дæр Фæсабыр кодта. 3-аг фыдвæндгæнæг. Афтæмæй та хивæнд Кзей уыдис, уымæн консулæй фæцух. Ав ф ид и. Æз дæр уæдæ цæуыл дзурын. Фæзынди Мæ хæдзармæ йæ расырды фæстæ. Мæ кардмæ мын æрбадардта йæ хурх, Æз ын ныббарстон, ме ’мхицау æй скодтон, Æххуыс ын кодтон1 алы ран, мæ хуыздæр Хæстонты йын лæвæрдтон, кæд йæ фæндтæ Æххæст кæниккой, бацыдтæн мæхæдæг Йæ дæлбар ноджы службæмæ, — зæгъын, Кэед намыс мемæ адих кæнид, уый та — Æрмæст йæхицæн. Æз уыдтæн сæрыстыр, Мæхи кæй хастон уый сæрыл нывондæн, Фæлæ ныр зонын, чи йын дæн, æмбарын: Æз йе ’мбал нæ — фæсдзæуин дæн, æххуырст, 522
Æмæ мын хæсты ме ’ххуысмæ фæфиды Йæ мидбылхудтæй. 1 - а г фыдвæндгæнæг. Раст зæгъыс, фæтæг. , ^ • Куыд барстай, ууыл тынг дис кодтой не ’фсад. Кæд’æй-уæдæй, куы фæцæйбырстам Роммæ, Нæ хæстон намыс нæ, фæлæ фæллой дæр Куы фæцæйардтам... А в ф и д и. Тæккæ уый уыдзæн Нырри^ыгъынæн тæккæ стырдæр аххос. Сылты цæссыгтыл — ницæйаг мæнг митыл — ’Егъау хæсты фыдбонтæ æмæ туг Ныууæй кодта æмæ йæ мæлæт райсдзæн, Мæн та йæ мæлæт сисдзæни хæрдмæ. Гъе, хъусут æм? Фæссценæйæ хъуысы барабанты цæгъдын, трубатæй уасын æмæ адæмы хъæртæ. 1-аг фыдвæндгæнæг. Ды раздæхтæ фæстæмæ Хуымæтæджы салдатау, —ничи рацыд Нæ горæты дæ размæ; фæлæ уымæи Цас адæм ракалд цингæнгæ йæ размæ! 2-аг фыдвæндгæнæг. Нæ бирæбараг зондцухтæм-ма хъусут: Сæ хъæбулты сын чи ’ргæвста кæддæр,— Сæ хъæлæстæ куыд ивазыиц йæ кадæн! 3 - а г фыдвæндгæнæг. Уый, цалынмæ мæнг ныхæстæй йæхи фарс Нæма фæкодта адæмы, уæдмæ Слас кард, æххуыс та мах æвджид. Фыццаг уал Фæмард уæд, аххос агурдзынæ* стæй Æмæ сæ иумæ — аххос æмæ марды — Иу ингæны ныфснай. А в ф и д и. Сыбыртт дæр нал.. Сенатортæ æрбацæуынц! Бацæуынц сенат о р т æ. Сенатортæ. Саламтæ дын. А в ф и д и. Æз уый аккаг нæ дæн. 52?
Цы уæм ныффыстон — бакастыстут уый, Нæ буц хиётæртæ? Сенатортæ. Кастыстæм. 1 - а г с ё н а т о р. Хъыгагæн. Йæ раздæры фыдгæндтæ йын ныббарын Нæ уыди зын, фæлæ бырсты ныллæуу Йæ райдайын кæм хъуыди, уым, нæ уæззау Ныббырсты бирæ пацда фесаф, хардз Цы бакодтам, æрмæст нæ ууыл раздах, Йæхи цы знаг лæвæрдта, уымæн ратт Зианы фидыд — уымæн нæй ныббарæн! А в ф ид и. Æрбацæуы. Цæй байхъусæм: цы зæгъид. Бацæуы Кориолан барабантæ æмæ тырысатимæ, йæ фæдЫл горæтæгты къорд. Кориолан. Салам уын! Уе ’фсæддон фæстæмæ раздæхт, Йæ фыдыбæстæ уарзынæй хъæсг-й Нæ фæци,, раздæхт афтæмæй фæстæмæ Æмæ сымахыл иузæрдыг у. — Золут, Уæ фæндон уын кæй сæххæст кодтон æз, Нæ тугвеендагыл Ромы дуармæ уе ’фсад Æркодтон æз. Нæ хæрдзтæн се ’ртыццаг хай Æййафы махæн не ’фсæддон тæлæт. Мах ромæгтимæ уым ныффыстам фидыд, Хæрз кадджын волсктæн, худинаг та Ромæн. Нæ бадзырд мæнæ, сенаты мыхуыр Æмæ æлдæрттæн, консултæн сæ къухтæ — Æвæрд йæ уæлæ. А в ф и д и. Буц хистæртæ, уый Кæсын нæ хъæуы, — афтæ йын зæгъут Уæйгæнæгæн, цы бар ын радтат, уымæй Фыдми кæй кодта. Кориолан. Куыд? Уæйгæнæг? Æз? Авфи д и. X), Марци, ды — уæйгæнæг. Ко р ио л а н. Марци? Æз? 524
Авфи д и. Уæдæ чи, чи, Кай Марци? Афтæ ’нхъæлдтай, Дæуæн æз,кадджын ном Кориолан, — Дæй адавтай ды горæт Кориолы, Уый ратдзынæн? О адæмы лæгтæ, Нæ бæсты буц сæрхъуызæйттæ, йæ мадæн Æмæ йæ усæн радта уый уæ Ром (А-гъай, уæ Ром!) цæстысыгты æртæхыл — Уæ хъуыддагыл гадзырахатæй рацыд. Æфсæддон совет не ’ркодта æмбырд, Æмбыд æндахау аскъуыдта йæ ардхæрд, Йæ мады цæссыгтæм йæ фындз æруагъта, Фæкуыдта нын нæ уæлахизыл, тъизгæ, Дис кодтой лæгтæ, лæппутæ та — сырх Йæ худинагæй. Кар иолан. Марс, яæ хъусыс, ды? Авфиди. Ды сидыс уымæ, дзидзидай сывæллон? Кориолан. * Цы, цы? Зæгъ-ма йæ! Авфи д и. Дзидзидай сывæллон! Ко р ио л а н. Æдзæсгом хахуыр, байдзаг кодтай мастæй Мæ зæрдæ. Æз сывæллон? Æтт, цагъар! — Хатыр, хистæртæ,—фыццаг хатт ыскодтон Дæрзæг ныхæстæ. Ацы куыдзæн уадз Æмæ уæ тæрхон равдиса йæ хахуыр, Цæмæй мæнгдзурæгæн, мæлæты бонмæ Мæ карды фæд кæй буарыл уыдзæн, уымæн Иæ мæнг ныхас йæ хъуыры ’рцæу^ тъыст! 1-аг сенатор. Уæ дыууæ дæр -г-æнцад! Мæ дзырдмæ хъусгæ! Кориолан. Кæрдут мæ, волсктæ, ацы ран кæрдихгай! Лæппутæ, лæгтæ, сæвдулут мæ туджы Уе ’хсаргæрдтæ! Сывæллон! Чъизи куыдз! Каед раст вæййынц уæ цæугæцардфысджытæ, Уæд бакæсдзынæ уым, æз Кориолмæ Кæй бабырстон, бæлондонмæ цæргæс Куыд бырсд, афтæ, уе ’феæдтыл лæгæрдгæ. Æз бакодтон уый иунæгæй, Сывæллон! 525
Авфи д и. Куыд барут уый, нæ буц хистæртæ, ам Æдзæсгом хиппæлой уæ разы стауа йæ цъындæйаргæ амонд æмæ фауа Сымах тæппудæй? Фыдвæндгæнджытæ. Маргæ у, цæвут æй! Горæтæгтæ. Къабазгай йæ бакæнæм! — Цы ма йæм кæсæм! — Уый мæнæн амардта мæ хъæбулы!—Мæ чызджы!— Ме ’фсымæр Маркы! — Мæ фыды! 2-аг сенатор. Æнцад! Æфхæринаг иын нæу. Æнцад! Уый кадджын у. Йæ хорзы кой, æрвнæрдау, Ныхъхъæр и дардыл. Равзардзыстæм раст Йæ фæстаг аххос паддзахады раз. Авфиди, банцай. Хивæндондзинадыл Цæуын нæ хъæуы. Ко р ио л а н. Гъæй-джиди, уæдæ Иу-авд ахæм Авфидийы, стæй ноджы Йæ мыггаджы æрбауадз мæнæ ацы Æназым кардмæ! Ав ф и д и. Æтт, æнаккаг! Цъаммар! Фыдвæндгæнджытæ. ’ Цæвут! Цæвут æй! Маргæ у! Фыдвæндгæнджытæ фелвасынц сæ кæрдтæ, атымбыл вæййынц Кориоланыл æмæ йæ амарынц. Авф^иди йын йæ- * риуыл къахæй æрлæууы. Сенатортæ. Æнцад ут! А в ф и д и. Нæ хистæртæ, дзырды бар мын... 1 - а г с е н ато р. О Тулл!.. 2-аг сенатор. Дæ мимæ стыр лæгдзинад дæр нынниудзæн. 3-аг сенатор. Дæ къахæй мардыл мауал лæуу! — Æнцад! Уæ кæрдтæ арф сæ кæрддзæмты нывæрут! Ав ф ид и. Нæ буц хистæртæ, ацы лæджы цард 526
Цы стыр тæссаг уыд мах бæстæн фæстагмæ, Æз æм цæй тыххæй рафыхтæн, мæн уый Нæ бауагъта зæгъын сымахæн раздæр, — Фæлæ куыддæр уый базонат сьшах — Фæцин кæндзыстут й ’амæлæтыл мемæ. Уæ хорзæхæй, фæдзурут мæм сенатмæ, Æмæ уым хъуамæ сраст кæнон мæхи, Уæ иузæрдыг æххуырст уæвгæйæ, йе та Уым рййсдзынæн мæхи аккаг æфхæрд Сымах къухæй. 1-аг сенатор. Хæсгæут мард нæ цурæй. Фæкæуæм Марцийыл. Нырма мæрдтæм Фæдисæттæ нæма барвыстой ахæм Уæздан лæджы. 2-аг сенатор. Тыхджын хивæнд уыди, Æмæ Авфидийæн йæ аххос уымæй Лæмæгъдæр кæны. Чи зоны, хуыздæр у, Кæй рауад афтæ, уый. Ав ф ид и. Мæ маст æрцыд. Мæ зæрдæ тугæй байдзаг. — Марды сисæнт Æртæ хуыздæр æфсæддон лæджы мемæ.— Тыхджындæр нæр, кæуындзæг барабан! Æфсæн хотыхтæ, зæххæмбæрц æртасут! Кæд байста бирæ устытæн сæ лæгты, Сæ хъæбулты нæ горæт Кориолы, Æмæ нырма сæ цæстысыг цæуы, Уæддæр лæг уыд æмæ йын кад хъæуы.— Мард сисут! Ацæуынц Кориоланы мард Мæрдон марш.
СÆРГÆНДТÆ ОТЕЛЛО $ РОМЕО ÆМÆ ДЖУЛЕТТÆ 149 ГАМЛЕТ . . . . 257" КОРИОЛАН . 391 Ф УИЛЬЯМ ШЕКСПИР ХХроизведения Перевод на осетинский язык Григория Дзамболатовича П л и е в а Редактор И. А. Фидарова Художник У. К. Кануков Художественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор М. А. Будаева ИБ № 525 Сдано в набор 26 03 80. Подписано к печатгг 21 07.80. Формат бумагтг 60х84*Д6. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п л» 30,69-^-0,05 вкл* Учетнр-изд. листов 31,14 + 0,04 вкл. Тираж ЮОО’экэ. Зказ № 13124". Цевга 3 руб. Издательство «Ир» Управления по делам издательств, пол’играфииг и кннжной тор- говли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул Дтмитрхгаа, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и^ внюкной торгов- ли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидае, уж Телъмаиа, 16.