Текст
                    Тедеты Руслан
ФЫН*
ФÆЛИВÆНТÆ
РДДЗЫРДТЩ
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
ЦХИНВАЛ 1987


84(Осст.)7 4 ТЗО Æвзонг, курдиатджын фыссæг Тедеты Русланы радзырдты хъайтартæ сты цардбæллон, сыгъдæг- зæрдæ, æгъдауджын, хæрзиуæгон хъуыддæгтыл хæст адæймæгтæ; размæ, рухсдæр фидæнмæ тырнын- дзинад у сæ цардынысан, сæ удыхъæды гакк. Æнцонæмбарæн, рæсугъд æвзагæй фыст ра- дзырдтæ цымыдис æмæ æхцонæн бакæсдзысты чи- ныгкæсдоюытæ. Ацы чыныг у Тедейы фырты уацмысты дыккаг æмбырдгонд. «Фыццаг фембæлд», зæгъгæ, ахæм но- мимæ йæ фыццаг чиныг мыхуыры рацыдис 1983 азы. 4702470000 Т М"62^^738-1987 © Издательство «Ирыстон», 1987
Ацы чиныгæй арын мæ фыды мад Уалионы ном. Автор ИВГЪУЫДМÆ НÆЙ РАЗДÆХÆН... Бæрзонд æмæ гуырвидауц уыд... Йæ мыдгъуыз даргъ дзыккутæ, æрдынзылд къæлæс æрфгуытæ, йæ фидауцджын уæнгтæ кæй зæрдæйы ’нкъарæнтæ нæ базмæлын кодтаиккой. Иæ цæстыты стъалытæ сыгъд, хурæнгас уыд йæ цæсгом. О, рæсугъд уыд, фыдæбоны рæсугъд æддаг бакаст, уды скондæй. Ай-айдæр, нæ йын уыд иупæг сылгоймагимæ дæр абарæн а-дунейыл, уымæн æмæ уый... мæ фыццаг уарзт, мæ сæнтты сæр уыд... * * * Æрталынг. Æхсæв йæ сау пæлæз горæтыл æры- тыдта, фæлæ йæ зæххы онг не ’руагътой, дæлвæндаг, рæнхъылсагъд рухсы цæджындзтæ: сæ къæдз сæр- тæ талынджы фæдджитæм ныббыцæу ластой æмæ уый дæр ^æлоз ауыгъдæй баззад. Сабьф æхсæв у. Мит ставд пирæнгæмттæй уары. 3
Урс-урсид, хæмпус тъыфылтæ уыцы иугъæдонæй згъæлынц митæмбæрзт зæхмæ. ...Ногуард мит сæртæг хъыс-хъыс кæны къæхты ’бын. Фыдуаг тъыфылтæ кæрцы æфцæгготæй лæ- сынц мидæмæ, буармæ; æндыгъднуар, фæлмас цæс- гомыл тайынц иугай-дыгай æмæ кадавар лæсæн- тæй уайынц дæлæмæ, къæсхуыр уадултыл. Æви уы- дон цæссыгтæ сты? Нæлгоймаджы лыстæгсыг фæ- лæ судзаг цæссыгтæ?! Æнæзонгæ иуран фæлæууыд. Тамако ссыгъта æмæ спичкæйы мæнгрухсмæ йæ цæсгом бæлвырд- дæрæй разынд: * уæлвонгæвæрд тæрных, гæзæмæ къуырф уадултæ, уылæнтæ сæрыхил. Бæзджын æрфгуыты бын тæнæг гуыбыр фындз. Бынмæуагъд сау рихитæ хæмпус былтыл æркъæлæт сты дыу- уæрдыгæй. Лæппу Пионерты паркмæ бахызт æмæ йæ цыд фæсындæгдæр кодта. Ам алцыдæр уыд раздæ- рау — фаронæй нырмæ дзы ницы бæрæг ивындзи- нæдтæ ’рцыд. Мит бæзджын фæлгуыртæй æрбадт бæлæсты быгъдæг цæнгтыл, декоративон къутæр- тыл. Парчы иу къуымы, къаннæг цады былгæрон, си- дзæргъуызæй лæууыд дурæйконд, мадард сылгой- щаг — æнæмæлгæ уарзондзинады символ.., Сæры- стыр сылгоймаджы æппæтзон, фæлмæн мидбыл- худт бандзыг йæ мармæр цæсгомыл. Гом армы- тъæпæнтыл, риуæмкъул — стæхынæввонг урс бæ- лон. Лæппу уæззаугай бацыд скульптурæйы дæлвæр- сты митнад къахвæндагыл æмæ куыддæр цады ^рдæм фæзылд, афтæ йæ мидбынаты сагъдауæй аз- зад: дурчызджы хæдраз къæлæтджып фæхсбаидо- ныл лæппумæ чъылдымздæхтæй бадт æнæзонгæ сылгоймаг æмæ, бандоны сиукъыл йæ сæр æруадз- гæрæ, ,хæкъуырццæгæй куыдта. Сæлабырдзарм зы- 4
наргъ худ йæ сæрæй уæрджытæм æрхауд æмæ йæ мæнæугъуыз дзыккутæ уæхсчытыл æркалдысты. Лæппу фергъуыйау: цыдæр æм зонгæ фæкаст чыз- джы æууæлтæй. «Чи уа, цымæ? Цы аразы ам ацафон?.. — ныдж- джих, ныццавддур йæ мидбынаты.—Ау, уый уа?! Уый... уый у!..» — карз, æгъатыр хъуыды ныррæ- хуыста сæрымагъз æмæ лæппу фæстæмæ, бæласьг аууонмæ алæууыд. Уадид ивгъуыды мæстæвдылд скъуыддзæгтæ, кинонывтау, азгъордтой йæ цæсты- ты раз... ...Уæд дæр раст ахæм боныгъæд уыд: зымæгон,, сабыр уаргæ æхсæв... Дурдзырты раз æдзæмæй лæу- уыдысты дыууæйæ æмæ сыл цыма скульптурæйьг гобидзинад бахæцыд, уыйау сæ сыбыртт никæмæй- уал хауд... Æниу дзы чизоны дзурыны сæр ницæ- мæн хъуыд — гобийæ дæр хорз æмбæрстой кæрæ- дзи: дыууæ уарзоны къайцæстытæ æмырæй рæв- дыдтой кæрæдзи, æвзаджы зæгъинæгтæ хастой уарзтмонц зæрдæтæм. — Исты ма зæгъ, Габо, цæуыл ныхъхъус дæ?.. — æппынфæстаг сабырдзинад фехæлдта чызг æмæ лæппуйы зулмæфаст бецыккæй миты тъыфыл рай- ста. — Цы дын зæгъон, Инкæ? Мæ зæгъинæгтæ дын се ’ппæт дæр зындгонд куы сты... Мæ хъуыдытæ, æрмæстдæр дæуыл сты, Инкæ. Куыд уыдзыстæм æнæхъæн дыууæ азы, куыд цæрдзынæн æнæ дæу?.. — Цы гæнæн ис, хъуамæ ныффæразæм, Габо... Æз дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн... Мæ зæрдæ дыл иу уысмы æмгъуыдмæ дæр никуы сивдзынæн, Габо, мæхи Габо!.. — барызт чызджы хъæлæс æмæ Инкæ’ лæппуйы ’фцæджы ныттыхст. — Æз |дæр.. дæуæй дарддæр фæрсмæ дæр ни- куы никæмæ фæкæсдзынæн, мæ зынаргъ!.. Ард дын хæрын!
— Ард дын хæрын æз дæр мæнæ ацы уарзтмонц сылгоймаджы раз!.. — дурдзырты асинтыл сгæпп ласта чызг, — куыд дыл мæ зæрдæ никуы сивдзы- нæн!.. — Нæ хъæуы, цæмæн сомы кæныс, мæн уырны æнæуый дæр!.. — кæд ын чызджы ныхас æхсызгон уыд, уæддæр йæ мидцин нæ равдыста лæппу. — Зоныс цы, Габо, — бауад æмæ та лæппуйы риумæ йæхи æнгомдæр æрбалхъывта Инкæ. — Ра- уай æмæ нæхицæн сæрмагонд бæрæгбон скæнæм — нæ уарзт, нæ ардбахæрды бæрæгбон, — йæ цæсты- тæ бæллонгъуызæй ферттывтой æмæ къæмдзæсты- гæй адарддæр кодта, — æрвылаз дæр-иу æрбацæу- дзыстæм ардæм æмæ-иу æрæмысдзыстæм ацы дис- саджы æхсæв, нæ ардбахæрд... Лæппу мадзурайæ чызджы йæхимæ ’рбалхъыв- та. Ие ’рвгъуыз цæстытæм ын ныккаст. Уыдон уы- дысты уалдзыгон, арвау, сыгъдæг æмæ æнæкъæм. Электрон цырагъ хуызджын тынтæ æппæрста сæ донызылд гагуытæй æмæ лæппумæ налмасы, къæрт- тытау, зындысты... ...Миты егъау фæзгъæр бæласы къалиуæй рас- къуыд æмæ зæххыл фехæлд. Йæ рыпмæ сылгоймаг фæстæмæ фæзылд, бæласы аууон æнæзонгæ нæл- гоймаджы ауынгæйæ, фæтарст, йæ бынатæй фæсæр- рæтт ласта: — Кæцы дæ уый?.. Ам цы аразыс?! — йæ дис- æфтыд цæстытæ лæппуйы цæсгомыл нындзыг сты. Æвæццæгæи æй базыдта, уымæн барызт йæ хъæ- лæс, уымæн афæлурс йæ цæсгом... — Уый... уый ды?.. цы дæ ’рхаста ардæм?! Габойы фыццаг хъуыды уыд чызгыл йæхи бап- парын, йæ хъæбысы йæ ныттухын, ныр æхсæз азы дæргъы цы удхъизæмæрттæ ’взары, уыдон ын фæ- кæнын. 6
Цалдæр къахдзæфы йæ размæ дæр бакодта, фæ- лæ æваст йæ зæрдыл æндæр цау æрбалæууыд... Уыцы хабар цыппар азы размæ уыд. Уæд ма фæстаг хатт фембæлд Габо йæ уарзон чызгимæ, æниу цæй чызг — уæдмæ кæйдæр бинойнаг бацис Инкæ. Æрфарста йæ лæппу йæ гадзрахаты бакæн- ды тыххæй, æмæ йын уæд уый фæцис дзуаппæн: — Ау, — загъта йын былысчъил, сæрыстырæй,— дæсгай азты дæргъы иумæ цы хъæбулджын æм- къæйттæ фæцæрынц, уыдон дæр ма куы ахицæн вæййынц, уæд дæм нæ хъуыддаг куыд диссаг фæ- каст?.. Æви рæхыстæй уыдтæн дæуимæ баст? Алкæ- мæн йæ уд йæхи бар у, æмæ йын куыд хуыздæр у, афтæ бакæны!.. Цы ма йын загътаид лæппу ахæм гуымир, цæх- гæр дзуаппы фæстæ? Сыбыртт дæр æм нал скод- та — мадзура, сæргуыбырæй араст йæ цурæй. Йæ уæлвæд æндæр горæтмæ ацыд Габо. Уым куысты бацыд æмæ Инкæимæ кæрæдзи уынгæ дæр нал фæкодтой... «Фæлæ йæ цы ’рхаста ныр, ардæм?.. Иæ хæлар, йæ зонгæтæн, мæзæрде, æдзух йæ хорз цард, йæ мойы сæрæнæй куы феппæлы?.. Æви афтæ райгонд дæр пæу йæ цардæй, æмæ схъæл, сæрыстыр ныхæ- стæй скæны уарт йæ зæрдæйы хъæдгæмттæн?! Æниу... æппæт уыдæттæ ма цы давынц ныр?..» — алыгъуызон ныхмæвæрд хъуыдытæ сæры магъзы рассæнд-бассæнд систой. — Габо!.. Габо!.. — йæ цæнгтæ йæм байвæзта иуафон сылгоймаг. Цæссыгтæ ставд фæрдгуытæй згъордтой йæ уадултыл. Лæппу къæхтыбынæй ныррызт уыцы хъæлæсмæ. Иæ зæрдæйы арфы ауал азы дæргъы æмбæхст уарз- ты æнкъарæнтæ, вулканау, срæмыгътой, æмæ, чы- сыл ма бахъæуа, Инкæйыл æрттæтыгъдæй йæхи баппара, фæлæ уый бæсты йæхицæн дæр æиæнхъæ- 7
лæджьт бынтон æндæр ныхæстæ схауд йæ дзыхæй: — Бахатыр кæн, хорз ус, æз дæ куынæ хъуыды кæнын... — загъта уазал хъæлæсæй æмæ джихæй- лæууæг Инкæйы иувæрсты дурдзырты асинтыл уæ- лæмæ схызт. Дурæйконд бæлоны базыртæ митæй асыгъдæг кодта æмæ фæстæмæ, уæззаугай æрхызт. — Габо!.. Габо!.. Ау, куыд нал мæ зоныс?! Æз Инкæ дæн, Инкæ!.. — цæссыгдзастæй йæм кæсы бы- нæй уæлæмæ сылгоймаг: къухтæ — риуыл дзуар- æвæрд, цæстыты æгомыг сагъæс ныццахст. Бьтлтæ ризынц сæхимидæг. Лæппуйы сæры фегуырд æрра хъуыды: куы ныттыхсид ныртæккæ Инкæйыл æмæ йын йæ былтьт ризæг куы банцайын кæнид!.. Фæлæ уыцы фæнд уьтсмæн æрбайсæфт. Лæппу фæстæмæ акъахдзæф кодта æмæ дисхуызæй сдзырдта: — Иикæ?.. Гъым, æмæ æз ахæмы куынæ хъуыдьт кæнын?.. Æниу... кæд искуьт зыдтон, уæддæр мæ ныр байрох... æнусбонтæм... бамбæрстай, хорз ус?.. — загъта Габо æмæ фидар къахдзæфтæй фæ- раст сылгоймаджы цурæй. Цы бамбарын ма хъуыд усæн, лæппу йыл кæй бавдисæн кодта, уый. Æмæ нынниудта, ныккæрзыд- та æнæрцæф сылгоймаджы зæрдæ. Фæлæ цæмæй базылын кодтаид лæппуйы? Æмæ уæд кæуынмæ фæкъæртт: дурдзырт-сылгоймаджы раз фæхсбандо- ныл ногæй ныкъул æмæ хæкъуырцц-куыдæй йæ тыппыртæ уагъта... Хуыздæр уавæры нæ уыд лæппу дæр, фæлæ ма Инкæйы уæлдай уый бæлвырдæй зыдта, ивгъуыд- мæ кæй нал ис аздæхæн. Æмæ ма ноджьт зыдта уарзтæстъæлд лæппу, ацы ’рбацыд ын фæстаджы ’рбацыд кæй у. Абонæй фæстæмæ йæ къах кæй ни- куыуал æрбавæрдзæн ардæм, — йæ фыццаг æмæ йæ иунæг уйрзтьт æвдисæндар — гоби дур-чызджы цур- мæ... Арешперан, 1980 аз 8
ХЪУЫДЫ МА КÆНЫС?.. ...Мæ зæрдæ æмæ дын мæ хæдзары дуæрт- тæ кæддæриддæр гом уыдзысты, фæлæ мæм ды макуыуал æрыздæх . Уымæн æмæ Мæрд- тыбæстæй фæстæмæ ничиуал здæхы, æмæ ды та абонæй фæстæмæ мæнæн мард уы- дзынæ. автор Хъуыды-ма кæныс?.. Хъуыды-ма кæныс нæ фыц- цаг фембæлд?.. Уалдзыгон хъæрмуст изæр уыд. Акъацитæ сæ тæккæ дидинæфтауыныл уыдысты. Хæхты ’рдыгæй уддзæф дымдта æмæ йæ сатæг ком- улæфтмæ бæлæсты сыфтæртæ сабыр сыбар-сыбур кодтой. Цадæг змæлыдысты сырх тырысаты базыр- тæ, уынджы иу кæронæй иннæмæ бæндæнтыл — ны- вæст алыгъуызон хæцъилты æрттигътæ, егъау тран- спаранттæ... Бæрæгбон уыд... Фыццаг майы бæрæгбон... Ды хæрзнунæгæй бадтæ «Хæйрæджыты цалхы» раз пыллæг фæхсбапдопыл. Уыдис дыл цыбырдыс урс къаба æмæ къуымыхфыпдз бур туфлитæ. Дæ фарсмæ бандопыл — цавæрдæр æрттивагцъар чн- пыг, æвæццæгæп — модæты журпал. Мæ цæстæнгас дыл амбæлд æмæ, хиндзыдау, фæиртасын нал ракуымдта: мæ зонд, мæ хъуыдытæ мын иугуырæй дæхимæ аздæхтай... Зæрдæ, дам, развæлгъау фæзоны... Дæ фендæй мæ риуы цавæрдæр æнахуыр æпкъа- рæнтæ сгуылф кодтой. Цавæрдæр, нырма æнæзынд- гонд, удæхцондзинад æнкъардтон дæумæ кæсгæйæ, фæлæ цы, уый бæлвырд нæма ахста мæ зонд... Æмæ дæм, чизоны, кæдмæ афтæ фæдзынæзтаин дардæй, фæлæ иуафон мæхи фæныфсджын кодтон æмæ дæ рæз^ы бахызтæн. Раст цыма мæ хъуыдыты кæрон дæр никуы уьтд- 9<
тæ, уыйау дæм фæрсмæ дæр нæ фæкастæн. Дæхæ- дæг мæ цыма аивæй æрбæрджытæ кодтай. Æви уый мæнмæ афтæ фæкаст?.. Æрлæууыдтæн. Цыма мæ мæ мидуаты фадбаст ачынди, уыйау мын къахдзæф акæнып нал бантыст. Уæззаугай дæм ме ’ргом раз- дæхтон. Ды худыс! Растдæр зæгъгæ, худынц æр- мæстдæр дæ цæстытæ. Цæсгом æнцой, ницывдисæг. — Бар ис æмæ æрбадон?.. — мæхи хъæлæс мæм ■фæкаст æцæгæлоны хуызæн. — Сбад, — журпал иуварсмæ айстай. Йæ фарсмæ, бандоны тигъыл мæхи æруагътон. Цæуыл дзурон ныр?.. Хæрзаг йæхимид зæгъы, ай та, дам, цы сырды мыггаг у, мæ фарсмæ нытътъæфс æмæ йæ дзых ныххуыдта!.. О, æнæмæнгдæр, афтæ хъуыды кæндзæн: ацы чызджытæн æрмæст дзырдæвзыгъд æмæ къæйных лæппутæ цæуынц сæ зæрдæмæ!.. Иуафон мæм, чызг, цыдæр зæгъынхъусæй, ком- ’коммæ æрбакастæ. Дæ мыдгъуыз, егъау цæстыты ца- вæрдæр худæджы стъæлфæн фæпæртт ласта æмæ уадид ахуыссыд. Ницыуал сдзырдтай. Æрмæст дæ мидбылты бахудтæ. Даргъæлвæст уадултæ уарди- сырх аисты, налатгъуыз цæстытæ даргъ уæлтъы- фалты бын амбæхстой сæхи. — Дæ журнал мæм... кæд гæнæн ис, уæд... Æпæдзургæйæ мæм журнал æрбалæвæрдтай. Æр- дынзылд хæмпус былтыл мидбылхудт ахъазыд, цæ- ’стыты дæр та, æрдæбоны хин-стъæлфæн фегуырд æмæ ахуыссыд. Бадæм афтæ æдзæм, æнæиуссыбырттæй. Нæ алы- варс бæрæгбонфæлыст фæсивæд дыууæрдæм кæ- ньпщ. Хъæлдзæг ныхас, хъæлæба... Махмæ сæ ни- кæй æвдæлы, нæдæр мах—уыдонмæ.Цыма ацы æнæ- зонгæ чызгимæ æрнæг, æдзæрæг сакъадахыл фев- зæрдыстæм. Нæ алфæмблай — адæмы денджыз. ю
Фæлæ махмæ не ’ххæссынц йæ уылæнтæ, нæ нæм хъуысы йæ уынæр... Цыдæр æндзыгниз ныл бахæцыд. Цавæрдæр хъо- мыс нын байста нæ дзырдхъомдзинад, æнæуынгæ тæгтæй бæтты, æлвасы кæрæдзимæ æвæлтæрд, сонт зæрдæтæ... «...Исты йæм сдзурын хъæуы... Йæ ном ын уæд- дæр куы базонин!.. Уæд та ма ацæуынвæнд скодта, уæд... — журнал иуварс авæрдтон, арф ныуулæфыд- тæн. — Ныртæккæ, ныртæккæ базонгæ уыдзынæн йемæ!..» — Балхæнут розæтæ, нарцисстæ, георгинтæ!.. Балхæнут хæрздæф дидинджытæ! — мæ зонгæ ди- динджытæуæйгæнæг сылгоймаг йæ уæрдон махыр- дæм æрбатулы! Æтт, хуыцау дын хорз ракæна!.. — Фæлæуу-ма!.. Æртæ сæнт-сырх розæйы дзы авзæрстон. Сæ иуæй се ’ннæ рæсугъддæр. Нырма хæрзæрæджы тынд: сæ сыг нæма асур... — Гъа, анс сæ... — дидинджыты чъина йæм ба- лæвæрдтон. — Бузныг... цæмæн хъæуы... — фæтыхст уый: йæ цæсгом дидинджытæй тынгдæр асырх, цæстытæ зæххы ацавта. — Уый та дын цавæр у, мæ къона! Дæу хуызæн чызгæн дидинджытæ æмбæлы лæвар кæнын, уæл- дайдæр-та сырх розæтæ — уарзондзинады розæтæ, уæдæ!.. — гæркъæраг фестад уæйгæнæг. Иæ нарст, хæбуздзыхъ цæсгомыл — æргом цымыдис. йе ставд дæндæгтæ хæлар мидбылхудты æрттивынц. — Айс сæ, сырх розæтæ сты... уарзондзинады розæтæ... — куыд схаудтой мæ дзыхæй ацы ныхæ- стæ?! Куыд сæ бафæрæзтон зæгъын, куыд бауæн- дыдтæн?.. Дис кæнын абон дæр... 11
Айстай сæ. Чъызгæ, нæуæндонæй. Бынтон ныф- сæрмы дæ. Мæхæдæг дæр. Адæргæй дæ цæсгом уысмæн хуызивæнтæ кодтаг дæ сæр уæлæмæ нал истай. Къæбæлдзыг, мыдгъуыз дзыккуты иу хал дæ пыхыл æрхауд æмæ, уддзыдау, зыр-зыр кодта. О, куыд тынг мæ фæндыд, куыд тынг мæ фæн- дыд, уыцы уысм, дыууæ къухæй йæм куы февналин æмæ йæ иуварс куы аппарин!.. Стæй исты арф æмæ зæрдæмæхъаргæ пыхæстæ куы зæгъип, фæлæ æр- мæст сфæрæзтоп: — Бахатыр кæн... кæд гæнæн ис уæд... базонгæ уæм... — Ирæ... Дæ сæрыл сабыргай уæлæмæ схæцыдтæ. Хур- дзалхыйас цæстытæ мæм æрбазылдтай, æмæ мæм сæ хуры тавс æрбакалд: сæ тарфы пымæхст уыд фидæпмæбæллопдзупад æмæ æгæроп æпхъæлц... ...Мæ ном дын загътон æз дæр æмæ дæм мæ къух радтон. О, куыд раджы уыд уый! Куыд æвзонг, куыд амондхъус уыдыстæм нæ дыууæтæ дæр!.. Астæуккаг ахуыр фæуд кодтам уыцы аз. Æр- мæст, æндæр æмæ æндæр скъолаты... Бирæ рæстæг рацыд уæдæй-нырмæ. Бирæ цы- дæртæ мæ байрох, æвæццæгæн. Чизоны æмæ дæ зæрдыл бынтондæр ницыуал лæууы уыцы дугæй, чизоны... Уæддæр ма æрæмыс! Æрæмыс-ма, дæ номыстæн, нæ ивгъуыды номыстæн!.. ...Æхсæв. Мæйдзаст, хъарм æхсæв. Алфæм- блай — æдзæм, æнæссыбыртт. Æрмæст, исдугæй- исдугмæ, хъæды тарфæй цавæрдæр маргъ бауасы, цыдæр ( фæцæллахъхъ ласы цады тар уæлцъарыл æмæ та стæй æппæт дæр ныссабыр вæййы. Мах хуыссæм уæлгоммæ цады уæлбыл, дидин- 12
вæлыст цъæх нæууыл æмæ кæсæм стъалыджын цъæх арвмæ. Мæй дæр цæстыдзагæй кæсы æдзæм дунемæ. Стъалытæ, цыма арвы тарцъæх кæрдæн чидæр егъау теманæй фæхуынчъытæ кодта, æмæ уырдыгæй ныдздзагъыртæ сты. Рухс у бонау, алфæмблай: цады æндзыг уæл- цъар, йæ дывæрсты æрбатыхсæг тулдзы къох, æмæ дæрддзæф хохы сау æндар дæр: цыма фыныфенгæ сты, цыма сæ алæмæттаджы кæттагыл сныв чынди, уыйау, зынынц. Ницы дзурæм. Æниу нæ дзурыны сæр дæр ни- цæмæн хъæуы... Мæйы фæлмæн тынтæ дæ гом цæнгтыл æмæ æх- сыргъуыз уадултыл хъазынц. Зæриндоны сæвдылд- той, де уæхскыл калд мыдгъуыз дзыккуты... — Цом, Ирæ, ныр æнафон у, мыййаг дæ куы агурой... — мæ рæмбынкъæдзыл рабадтæн æмæ чыз- джы ныхыл æрхауæг, сыкъаздыхт дзыккуйы бын- дзыг иуварсмæ адаудтон. — Уадз æмæ агурæт... Мах никæмæй тæрсæм... — æгæрон æнцойдзинад мæм фехъуыст чызджы хъæ- лæсæй. Уыцы æнцойдзинад ивылы уæлвонгæвæрд, æнæлаз ныхæй, даргъивæзт æрфгуытæ æмæ æрдæг- цъынд фæлмас цæстытæй. — Мах, дун-дунетыл дæр никæмæй тæрсæм, гонгæй?.. — чызджы гом цæнгтæ мæм уæлæмæ сæхи ивазынц. Æнæрхъæц былтæ, уардийау айхæлдысты æмæ дзæнхъа дæндæгтæ сæ аууонæй æрттивынц... — Ай-гъай дæр, Иркæ, чи нын цы хъомыл у!.. Мæхи Иркæ... — сыбар-сыбур кæнынц мæ былтæ. Æви уый зæрдæйы дзæхст, дзæхст у?.. Де стъæлфгæ æнгуылдзтæ мæ цæсгом, мæ сæрыхъуынтыл узæлынц, æнахуыр, æмæ мæм æх- цон æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынц. Уæрæхгом, мыд- гъуыз цæстытæй мæм монц æмæ уарзондзинады 13
гуылфæн ивылы æмæ мæ фæнды йæ сатæг тарфьг мæхи куы бавзилин... Рæстæг цауты бæхыл бадт æмæ йæ ’нæрхъæц- дзинады ехсæй тардта... Уыцы изæр, цæрæнбонты мæ хъуыдыйæ никуьг сыфтдзæи: 7-æм ноябрь уыд. Кинойы уыдыстæм. Цавæрдæр- æнæхъола, фæсарæйнаг детектив дзы æвдыстой. Ие ’мбисмæ дæр ын нæ бакастыстæм: дæ зæрдæмæ нæ- фæцыд æмæ мæ рацом кодтай. Цыдыстæм дæларм- уæларм, кæрæдзийыл хæцгæйæ, дæ фатерырдæм. Ногуард мит æхцон хъыс-хъыс кодта нæ къæхты бын. Кæд фæндагыл змæлæг ничи уыд, уæддæр фæрсаг уынгмæ бахызтыстæм: æрвылхатт дæр иу ууылты уыд нæ фæндаг. Иуафон нæм нæ зонгæ чызджы кой æрхаудта: иу лæппуимæ кæрæдзи уарзтой, фæлæ сиахсаг, цæ~ мæндæр йæ мады зæрдæмæ нæ фæцыд. Чызгмæ бартхъирæнтæ кодта, уымæй смойкæнгæйæ, дам, дыл, мæ къух сисдзынæн æмæ, цыма, сæ хъуыддаг ныссуйтæ... — Ирæ, хуыцау ма зæгъæд, фæлæ мæн дæр уы- цы лæппуйы æмбисонд куы баййафа, хъиладзагъ- дæй мæ куы расурой мæ каисæгтæ, уæд дарддæр куыд кæнæм?.. — фæхатыдтæн, мæ хъæлæс мыл комдзог кæй рацыд. — Уый пикæд бон уыдзæп!.. — дæ къух æиæмæ- тæй ауыгътай ды. — Æз сын уыцы бартæ нæ ратдзы- нæп! — исдуг цæуылдæр фæхъуыдыйыл дæ, стæн къæлæс æрфгуытæ кæрæдзимæ сæхи фессывтой, цæсгомыл хивæнддзинады гакк абадт, — кæд сæ хуыцау сæрра кæна æмæ ньгхмæ нь^ффæнд кæной, уæд... уæд уыдон æвастæй афардæг уыдзыстæм!.. — Кæдæм?! —- Куыд кæдæм?! — цæхгæр ме ’рдæм фæзылдтæ, дæ уæздан, фæлæ тыхджын æнгуылдзтæ мын ме 14
уæхск æрбалвæстой. — Ау, дунеуæлгоммæ куы уг мах та — æвзонг æмæ хæдхъару, уæд пæ къæбæрваг нал суыдзыстæм?! — мыдгъуыз цæстытæ мæм кæ- сынц ныфсджын æмæ уæндонæп... ...О, куыд æвзонг, куыд рæуæууæнк уыдыстæм уыцы дуджы! Хъысмæт нæм йæ хъулæттæ нæма ’рбавдыста, царды гуыргъахъхъытыл нæма ауады- стæм!.. Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыд: Ирæйы ный- йарджытæ мæ сæ удхæссæг федтой. Нæдæр мæм йе ’ннæ хицæттæ ракастысты хæрзæджы цæстæй. Цæ- мæн?.. хуыцау йæ зонæг. Æвæццæгæн сæ, сæхийау, хъæздыг сиахсаг хъуыд. Æндæр мæ цæмæй бафау- дтаиккой?.. Уæддæр иу хорз — æмæ мыл Ирæ йæ зæрдæ не сивта: раздæрау, æрвылизæр æмбæлдыстæм; раз- дæрау æгæрон уарзтам кæрæдзи... Æцæг уый дæр а-фæстаг рæстæджы цæуылдæр æрæнкъард. Цал- дæр хатты мын киномæ дæр нал ракуымдта, фæлæ адæймаг æдзух иу зæрдыл кæм вæййы — цы йæ хæ- рам кæнон... Фыццаг курсы ахуыр кодтам уыцы аз. Уалдзæ- джы фæлварæнты фæстæ, хъуамæ нæ къухтæ су- сæгæй æрфыстаиккам: афтæ уыд не скъуыддзаг... Уыцы ныфсæй хъæцыдтæн æппæтыл дæр... Адæймаг, дам, сæнттæ нывæзта, хæйрæг-та йæ- мидбыл худти... •!• * * Лæджы царды вæййы ахæм уысмтæ, йæ хъуы- ды-фыстæй цард-цæрæнбонты чи нал рафты... О, дæуæй дæр никуы ферох уыдзæн уыцы фембæлдг уымæн æмæ... нæ фæстаг фембæлд уыд... ...Цалдæр боны дæ нæ федтон æмæ дæ тыхджын æрæмысыдтæн. Æнæуый дæр уарзаг зæрдæмæ гуы- 15
рысхотæ æмхиц сты,—дызæрдыджы калм мын æх- сыдта мæ зæрдæ, цæмæндæр мæхицæн бынат нал ардтон... Иу изæр дæм мæ ных батардтон æмæ хæдзар- мæ ссыдтæн. Абæрæг дæ, зæгъын, кæнон. Ды уæхи- мæ нæ разындтæ. Сыхæгты чызг мыл афтæ, чысыл раздæр, дам, уæлæмæ, горæтырдæм аивгъуыдта. Дæ фæдыл ма бæргæ ратындзыдтон, фæлæ дæ нал раййæфтон. Кæм дæ агуырдтаин? Уæддæр уынгты фæйнæрдæм хъахъхъæдтон, мæ зæрдæ мæм цыдæр æвирхъау хабар дзырдта... Афтæ мæм каст, цыма не ’хсæп кæйдæр æндæрг слæууыд, цыма де ’нкъа- рæнты пиллонарт, цасдæрбæрцæй бамынæг æмæ мæм дæ ахаст фæуазалдæр, Иркæ!.. Уазал æхсæв уыд. Дымгæ йæ фæдджитыл рыг- миты уылæнтæ скъæфта. Къуыззиттæй зарыд элек- троны тел-тæгтыл. Æмдзæрæнмæ мæ мæ къах нæ хаста. Иу ран, кæйдæр хæдзары фисынмæ æрлæууыдтæн. Митæмбæрзт уынгты цъиуызмæлæг ничи зынд, æрмæст уæле, цавæрдæр сау æндæрг æрцæйтын- дзыдта. Цыдæр мæм зопгæ фæкаст йæ къахайст. Иркæ?! Æмæ ам цы аразы?.. Ирæ у. Æвæццæгæн, мæн агуырдта æмæ ныр, фæстæмæ, сæхимæ здæхы!.. Куыддæр мæ размæ æрбахæццæ уа, афтæ йæм ахиз- дзынæн... ...Фæлæ мæныййонг нал æрхæццæ фыдæбоны чызг: чысыл уæлдæр, æм, рухсцæджындзы аууонæй, цавæрдæр нæлгоймаг рахызт. Исдуг цæуылдæр аныхæстæ кодтой, стæй дæларм-уæларм ныххæцы- дысты æмæ уæлæ фæцæуынц!.. Айразмæ дæр ма мæ хъустыл цавæрдæр уазæг лæппуйы кæйттæ æруад... Ирæйы дзы куы ’рфар- стон,( уæд мæм йæхи фæбирæгъ кодта: ды мæ, зæгъ- гæ, тагъд рæстæджы, æнæбары гæххæтт, уыпгмæ дæр нал рауадздзынæ! Ме ’мхæрæфырт, дам, у, ка- 16
лакаг. Дыууæ хатты, дам, кинойы уыдыстæм, цас диссаг, дам, дæм фæкаст!.. Йæ цæстытæм ын фæкомкоммæ дæн уыцы са- хат, æмæ арвы цæфау фæдæн: Ирæйы цæстытæ уы- дысты хæрамæвдылд æмæ æцæгæлон: фыдхъызты уазал мæм æрбакалд сæ тарфæй... Уæддæр мæ нæ уырныдта Ирæйы гадзрахат. Ныр та ма мын цы базонын хъуыд, уæртæ мæ уы- цы, цъерихъилы хуызæн, нæлгоймагыл кæй баивта, дам-думтæ æцæг кæй разындысты... Уæдыййонг мæ хъуыдытæ ирд æмæ æрвонг уы- дысты, ныр мæ зспд фæфæлдæхт: мæ хъуыддæгтæ мæм фыныфендау кæсынц, цыма уый æз нæ, фæлæ бынтон æндæр чидæр ис мæ бæсты, мæхæдæг та фæрсаг кæсæг дæн æмæ куыд-фæндыйы æнцой цæ- стæнгасæй кæсын æппæт хабæрттæм: ...Æнæзонгæ, исдуг дыгъуырццæгæй фæкаст чызг æмæ лæппуйы фæдыл, стæй сæ басырдта. Сæ рæз- ты бахызт. — Бахатыр мын кæнут, кæй уæ хъыгдарын, фæ- лæ... — тамакойы хæтæл йе ’нгуылдзты ’хсæн зилы. — Ды?! — йæ цæстытæ ахъоппæджытæ сты чыз- гæн, — æмæ кæцæй фæдæ!? Ам цы аразыс?! — Цы аразын?.. Гъым, мæ зæрдæпы дзæбæхæп, тезгъо кæнын... Сымах дæр, æвæццæгæн... — мæст- æлгъæд мидбылхудты нысчъилтæ сты былтæ, цæ- стытæй фыдæхы цæхæр рæдувы. Ирæ, митæй ныффæлурсдæр. Адæргæй, йæ къух- тæ, сæттæгау кæны, гæдыхъæдау ризы. — Чи дæ, цы дæ хъæуы?..—уый йе ’мбæлццон у: æцæгдæр, цъерихъилау даргъ, стæгдары хуызæн нæлгоймаг. — Ай та ма цы маргъы мыггаг у?.. — йæ бур шляпæ йын йæ фындзы хъæлмæ æрыссыдта лæппу, стæй йæ иуварс асхуыста æмæ йе ’мыджыр митдза- рыл фæуæлгом. 2. Тедеты Р. 17
— Нæ хъæуы!.. уый ныууадз... æппæты дæр мæ- хæдæг дæн аххосджын... — ныдздзынæзта чызг. — Зонын. Æмæ æфхæрд дæр иунæг дæхæдæг баййафдзынæ!.. — фырмæстæй зыр-зыр кæны лæп- пуйы хъæлæс. ...Чызг йæ разы кæугæбылæй бандзыг. Æвзист цæппузыртæ, æзтагъддæронæй згъорынц йæ мæрд- вæлурс цæсгомыл... Уарзон чызджы цæсгом... алы тæпп, алы чы- рæг дæр дзы зынаргъ æмæ зонгæ у лæппуйæн! ...Ахæм аххосджын, тæригъæддаг цæсгом ын уыд æмæ йæхи зæрдæ бамæгуыр. — Æниу дæм цы бар дарын... Алкæмæн йæ уд йæхи бар у. Цæр дæхи фæндиаг. Æвæццæгæн æз дæу аккаг нæ разындтæн æмæ... Фæлæ мын, æндæ- ры уарзтай, уый цæмæн æмбæхстай? Ау, тыхми æмæ æбарвæндæй не ’хсæн куы ницы уыд, уæд цæ- мæн афтæ бакодтай, Ирæ?.. — йæ кæуындзæг нын- иыхъуырдта лæппу. — Æгъгъæд!.. æгъгъæд мæ тухæнæй мар!.. Куы зоныс, æууæнкхор æмæ æнæгъдау сылыстæг ра- зынд дæхи Иркæ... Фæлæ канд йæхи аххос дæр нæу—йæ бирæгъ мад... — Нæ хъæуы... уыдæттæ ма цы давынц ныр, Ирæ... Æз дæу уарзтон æмæ дæ æнусбонтæм уарз- дзынæн — уыцы æнкъарæн мæхицæй кæнгæ нæу æмæ йыл мæ бар дæр нæ цæуы... Мæ зæрдæйы ду- æрттæ кæддæриддæр гом уыдзысты дæуæн... Æр- мæст мæм ды макуыуал æрæздæх. Уымæн æмæ... мæрдтыбæстæй фæстæмæ ничиуал ’здæхы, æмæ ды та абонæй фæстæмæ мæнæн мард уыдзынæ... — Фæлæуу-ма!.. Байхъус мæм!.. — бамыр чыз- джы былтыл зæрдæйы цъæхаст. Ацыд... Мит уарыд ставд тъыфылтæй æмæ тагъд рæстæ- джы лæппуйы къахвæдтæ æрæмбæрзта... Арешперак
БАЛЛАДÆ ИВГЪУЫД ÆВЗОНГАДЫЛ Уыцы райсом, иннæты хъауджыдæр, раджы сы- стад зæронд ус. Æниу, цæй сыстад: йæ уаты æнæ- бары рахъил, æмæ сынтæгæй æддæмæ ракъул кæн- гæйæ, йæ къухтæ, йæ цæсгом тасмæ æрæхсадта. Стæй æфснайæг сылгоймагмæ бахатыд. — Дæ хорз, хорз æмæ ма мын æххæст, скъаппæй мæ бур чумæдан дæр æрис... Æфснайæг — саухил, æвзонг сылгоймаг, скъап- пы бинаг тæрхæгæй къаннæг, бур чумæдан райста æмæ йæ зæронды раз баидоныл æрæвæрдта. — Йæ дæгъæлтæ кæм сты, æххæст дын æй бай- гом кæнон... — Нæ, нæ хъæуы... ныр мæхæдæг архайдзынæн йемæ... — цæмæндæр фæкъæмдзæстыг зæронд. Æфснайæг ус фембæрста рынчыны иунæгæй аз- зайын кæй фæнды æмæ фæцæуæг. — Хорзæй уал баззай, мæ мады хай. Кæд истæ- уыл тыхсай, уæд-иу мæм фæдзур, æз æввахс уыдзы- нæн...—æмæ палатæйы дуар йæ фæдыл сабыргай рахгæдта. — Бузныг, мæ чызг, дæ хъæбулты хурæй баф- сæд!.. Зæронд ус йæ нывæрзæнæй, алдымбыд æндахыл конд, чысыл æрхуыдæгъæл райста æмæ дзы чумæ- дан бакодта. Чумæданы бæстон тыхтæй æвæрд уы- дысты, сæ дуг раджы кæмæн аивгъуыдта, фæлæ сæ рæстæджы зынаргъ æмæ кадджын чи уыдаиккой, ахæм къленцхуыд сылгоймаджы уæлæдарæс: блуз- кæтæ, ибкæтæ, кæлмæрзæнтæ... Зæронд дзы иу тар- цъæх жакеты йæ цæнгтæ атъыста, тинтычъи кæл- мæрзæн æрбаппæрста йе уæнтыл æмæ йæ фарсмæ тумбочкæйыл цы къахджын айдæн уыд, уый йæхи- рдæм æрбазылдта. Айдæнæй йæм сæ къуырфыты хауД, фæлмæвæрд 19
цæстытæй, ракаст йæ халдих — æнцъылдуадул, тæнбыл, тæнæгæфсæр зæронд ус. Æвæццæгæн йæ хуыз йæхи зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ халас сæр банкъуыста. Ай-айдæр, нæ фæцыд!.. Мæллæг армытъæпæн уадулты æнхъырдтыл æруагъта. Уыдон æнгуылдз- ты бын айтынг сты, фæлæ та уадид абадтысты сæ раздæры гаччы. Бынозæй ныуулæфыд зæронд. Айдæн йæ бына- ты сæвæрдта æмæ базыл фæстæуæз ауагъта йæхи. «Цымæ цы фæвæййынц адæймагæн йæ иухатты хуызтæ, йæ уæнгты тых, йе ’взонджы фидауц?„ Рæ- стæг, рæстæг ын сæ йæ уадæмдзу æфсургъыл ас- къæфы. Азты азарæй баруайы лæджы буар, æрба- къуындæг вæййынц йæ зонды хæтæнтæ, йæ удхъо- мыс... æрмæст ма зæрдæ... иунæг зæрдæ ма баззайы йе ’взонджы чемыл... Иунæг ууыл нæ цæуы Рæстæ- джы бар...» — Дзин-дин!.. Дзин-дин!.. — къулыл ауыгъд дзе- дзыроджын сахаты зыланг-мылупгмæ фестъæлфыд зæронд. «Сау бонтæ мыл! Чысыл ма бахъæуа аирвæзой мын!..» — тумбочкæйыл репродукторы хъæлæс фæ- бæрзонддæр^ кодта. — Зынаргъ радиомæхъусджытæ!.. — райхъуыст уырдыгæй чысыл фæстæдæр, — ныр та байхъусут, уæ куырдиæттæм гæсгæ, арæзт концертмæ!.. Зæронд ус æхсызгонæй сулæфыд. Иæ цæстытæ æрдæгцъынд æристы, æгасæйдæр хъустæ фестад... Фыццаг дыууæ зарæджы, цавæрдæр фæсарæй- наг, хъыллистæмхæццæ уыдысты. Чидæр ростоваг Таися Мирошко сæ ’ркуырдта. «Ныр уыдон та цы рæгъмæ рахæссинаг сты? Ацу æмæ ахæмты тыххæй адæмы тыхсын кæн!..» — бахудт ыл зæронды зæрдæ. Стæй та Къикъабидзе зарыд... Мæскуыйы кæ- жг
цыдæр скъолайы ахуыргæнинæгты куырдиатмæ гæсгæ... Зæронд ус батыхст: «Ау, ома?... Нæ, уый гæнæн нæй!..» — Зынаргъ æмбæлттæ!.. Ныр та æххæст кæнæм «Н»-йы горæты зæрæдты хæдзары цæрæг Валенти- нæ Середайы куырдиат. Уый фæнды байхъусын 30-æм азты зындгонд зарæггæнæг Еленæ Сердюкы хуыздæр зарджытæй иу «Уарзондзинады романс- мæ». Табуафси, æххæст ын кæнæм йæ куырдиат!..- Репродукторæй райхъуыст сылгоймаджы бæр- зонд æмæ тыхджын хъæлæс. Зарæг, йæ фыццаг зæл- тæй, лæджы зæрдæйы иннæрдæм хызт. Уарзтмонц, цæрæццаг æнкъарæнтæ йыл æфтыдта. Зарæг... аф- тæ цардбæллон уыд æмæ уымæ хъусгæйæ, цыфæн- ды тызмæг æмæ æхгæдзæрдæ адæймагæн дæр, ца- дæггай айхæлдаид йе ’рфгуыты ’лхынцъ, йæхæдæг дæр ын бахъырныдтаид... ...Зæронд ус æхгæдцæстæй хуыссыд уæлгоммæ... Йе ’нцъылд цæстыбыпты дæлтигътæй, фæдгæнгæ тылдысты æвзист цæппузыртæ æмæ ивзыд дзыкку- ты сæфтысты... Йæ хъуыдытæ та уыдысты дард, тынг дард... ...Концертдзауты хъазуат къухæмдзæгъдæй нæ- рыд зал. Сценæ æнæнымæц лампæтæй — бонау рухс. Оркестры трубатыл рухс — фæлхъæзæн фæ- пæртт ласы, тигъмæ асудзы цæсты гагуы... Алфæм- блай — бæрæгбонвæлыст, хъæлдзæг уынæр... Конфераньсе чысыл раздæр ахызт авансценæ- йæ. Къухæмдзæгъд тыхджынæй-тыхджындæр кæ- ны, — адæм сидынц уымæ... Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бауагъта. Фæс- сценæйæ рахызт бæрзонд, схъæлзæнг чызг, нал- хъуытвæлыст æдгуыр къабайы, æмæ тындзгæ къах- дзæфтæй микрофоны цæджындзæгмæ бауад. Адæ- 21
мæн йæ сæрæй акуывта æмæ микрофоны сыкъа фелвасгæйæ, фæстæмæ алæууыд. Цахæмдæр, иударон ныхæстæй райхалæн кæмæн нæй, ахæм рæсугъд æмæ зæрдæскъæф уыд чызг: ...æрвгъуыз кæлæнгæнæг цæстытæ... хæмпус был- тæ... сæкæры къæрттау, урс-урсид, æнгом дæндæг- тæ... Раст хуры чызгау райдзæсгом æмæ худгæбыл уыд... Афтæ удрайд, афтæ циндзæсгом, адæймаг æр- мæстдæр иунæг хатт вæййы — йæ цардуалдзæджы райдиан, дуне йæм рæсугъд аргъауы хуызæн куы фæкæсы... Чызг зарыд дунейы цæрæццаг æмæ рæсугъдыл, фыццаг уарзт, фыццаг апъайыл... уарзæгой тармыд- гъуыз цæстытыл... Чызг зарыд æмæ йæм утæппæт дзыллæ та хъуыста æнæсымæй... Фæлæ ма йæм уыдон æдде, — зыдта чызг, — фæссценæйæ кастысты дыууæ уарзæгой цæсты æмæ йæ уыцы хабар ноджы разæнгарддæр кодта... Уый дæр зарæггæнæг уыд. Раст-иу дыууæ булæ- мæргъау фидыдтой сценæйыл. Лæппу, — Уацилла- йы хуызæн — бæрзонд, фæтæнуæхск., Цигайнагау даргъ дзыккутæ дардта. Æмбисонды фидыд ыл код- той зулмæфастæй. Æнæуый — сабыр, æфсæрмдзæ- стыг зæрдæйы скондæй. Фæд-фæдыл дæм дыууæ ныхасы не сфæрæзтаид, мæгуыр. Уæлдайдæр та йе ’нкъарæнтыл... Уарзгæ та йæ, уæвджийæдæр, — уый бæлвырд зыдта чызг, — æнæкæрон кодта лæппу. Бæргæ конд уыд сæ ныхас, фæлæ... хъысмæт!.. Цы загъдæуа хъысмæтæн!.. 1941 азы барвæндонæй фæцыд лæппу фæдисы фæндагыл... Фæцу æмæ йын мауал æрцуйы фæндаг разынд... Раст тъæнджы мæйы Волгæйы былгæрæт- тæй, фь^дуацхæссæг сау сынты базыртыл æртахт йæ сау гæххæтт... Æмæ батар æмбойны чызгыл йæ дуне... Ныс- 22
къуыдтæ йæ амонды рæхыс-хид æмæ цард, æмæ мæ- лæты ’хсæн— ауындзæгæй баззад... Уыцы бон ын æфсæддон госпиталы концерт уыд. йæ зоид тарытæ кодта, мастдыппыр зæрдæйæ туг- цæссыг лæдæрст, æмæ уый та,*заргæ кодта... О, зар- гæ!.. Дунейы рæсугъд æмæ цæрæццагыл... уарзт- монц лæппуйы тармыдгъуыз цæстытыл... Зарæджы кæрон йæхи нал баурæдта, дидинджы- ты чъинайæ йæ цæсгом амбæхста æмæ, богъ-богъ- гæнгæ, сценæйæ фæлидзæг. Нал ныллæууыд чызг дæр фæсчъылдым. Фронт- мæ йæхи акуырдта æмæ зарыд тохвæллад хæстон- тæн уалдзæг æмæ дидинджытыл, дун-дунейы рæ- сугъд æмæ уарзон лæппуйы цæстытыл... Уарзоны сурæт... нæ йæ байрох кодта чызг æмæ хæсты фæстæ дæр уымæн нал бацагуырдта æндæр амонд... Рæстæг та ивгъуыдта. Рæстæг та дугъоныл тахт æмæ йае^ чырсвæд уагъта чь!зджы, кæддæры сау- бæзджын дзыккутыл... Куыд-фæстагмæ йыл зæрыбойнаг низтæ дæр стых сты, стæй иунæджы цардæй дæр сфæлмæцыд æмæ зæрæдты хæдзары йæхи ныффыссын кодта... Ныр фондз азы бæрц цæры ам... Зарæг фæцис, фескъуыдтæ сты йæ рæуфынтæ зæрондæн, — радиойыл æрхæцыд æмæ хъæрзæджы улæфт ныккодта — нæма йæ фæндыд йæ рагбонты цæстылуайæнтæй фæиртæсын, — æхцон æмæ зы- наргъ уыдысты йæ удæн. «Мæ чумæдан куы афснайдтаин, уæд та ма хи- цæуттæй исчи фæзынд, уæд цы зæгъдзысты...» — ахъуыды кодта зæронд, фæлæ йæ бынатæй нæ фез- мæлыд: фæндыд ма йæ йæ чызгон фæлысты ма куы алæууид иучысыл. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ абон æмæ дард ивгъуыды ’хсæн æрдуйын хид арæз- той... 23
Иæ риуыл цы зæдæнвиц медальон уыд, уый бай- гом кодта зæронд. Медальоны мидæггаг цъарыл конд уыд, рæстæгæй чи фæбур, ахæм даргъдзыкку, къуыбыррихи лæппу-лæджы къам. Йæ фæлмæвæрд цæстытæй йæм æдзынæгæй каст зæронд. Дуар æрбахостæуыд. — Бар дæм ис?.. — дзуапмæ дæр нал банхъæл- мæ каст, афтæмæй, æрдæбоны æфснайæг чызг-ус палатæмæ æрбахызт. — Уый дæм цæй диссаджы медальон ис? — къæ- сæрæй ныддистæ кодта æмæ йын зæронд йе ’рых- гæнын дæр нал фæцарæхст, афтæмæй йын æй йæ къухæй айста. - ^ — Чи дын у ацы лæппу, Еленæ Давиды чызг? — Уый... уый уыцы лæппу у... — Кæцы лæппу? — æнæрхъуыдыйæ хынцфарст акодта чызг. — Уыцы... уыцы лæппу... — уынæргъæгау сфæл- хатт кодта зæронд æмæ йæ уæд фембæрста чыз,г дæр. Фембæрста æмæ йæ сæр æруагъта, раст цыма ацы æнахуыр зæронды раз исты аххосджын уыд, уыйау. — Æмæ уæд... ныр кæм ис уыцы лæппу?.. — Кæм ис?.. — дзурыны монц æрцыд зæронд- мæ. — Уый кæм ис, уым уæд дæ балгъитæг дæр, мæ чызг. Хæсты фыццаг аз Волгæйы был тохты фæ- мард... Мæхæдæг дæр ма уый тыххæй амондсыгъд æмæ стъæлдфидæн куы фæдæн... — Дæхæдæг... дæхæдæг та цæмæн?.. — афарста йæ чъызгæйæ. — Цæмæн?.. Æнхъæлмæ йæм кастæн, дæ ны- вонд. Уæддæр æм æнхъæлмæ кастæн. Зæрдæ хи- вæнд æмæ æгъатыр у: æндæр нæлгоймагмæ бакæ- сын нал бакуымдта, æмæ мæ сомбоны цардыл дæр уымæн нал батыхстæн, кæд мыл дзурджытæ дзæв- гар уыд, уæддæр... Ныр, мæнæ æнæхицауы къæбæр- 24
мæ æрхаудтæн, уæдæ... — æнцъылд уæлармæй асæр- фта йæ цæссыгтæ зæронд ус æмæ арф ныуулæфыд. Чызджы бафæндыд зæронды йæ мысинæгтæй фæиртасын æмæ йæ ныхас фæзылдта: — Диссаджы зарджытæ уыд æрдæбон радиойы, нæ сæм байхъуыстай? Сæ иу — Еленæ Сердюк — диссаджы зарæггæнæг, чизоны æмæ дын .исты хæ- стæг у... — Æцæг, дæ зæрдæмæ фæцыд йæ зарæг?.. — йæ мидбылты бахудт зæронд, — Нæ, хæстæг мын ницы у, иу мыггагæй цы стæм, æндæр... — Еленæ Сердюк ам цæры?.. — бурдзыкку, дзы- гъуыртæ постхæссæг дуарæй йæ сæр æрбадардта. — О, ам. Æз мæхæдæг дæн! — фæцырд зæронд. — Мæнæ дæм фыстæг, уæдæ, — мыхуырфыст егъау конверт æфснайæджы къухты фæсагъта æмæ фæцæуæг. — Гъм, æмæ кæцæй хъуамæ уа? Уæлдайдæр, мы- хуырфыст адресимæ?.. батыхст зæронд. — Республикон радиоралæвæрдты редакци, — бакаст чызг конвертыл. Уый фехъусгæйæ йæ зæрдæ æнæрхъæц тырыкк- тырыкк скодта зæрондæн. — Алæ-ма, сыхал æй, дæ хорзæхæй! — Чызг конвертæй цыппæрдигъон гæххæтт сла- ста æмæ йæ зæрондмæ балæвæрдта. — Дæхæдæг мын æй куы бакæсис, мæ чызг, мæ- кæсæнцæстытæ... — Зынаргъ Еленæ Давиды чызг, — райдыдта кæсын æфснайæг. — Арфæ дын кæнæм де 70 азы бон! Нæ зæрдæ дын зæгъы, бирæ æзты æнæниз цæ- рæнбон. Уыйимæ дык иумæ хъусын кæнæм, тагъд рæстæджы, дæ зарджыты иу хай, граммпластинкæ- йыл фыст кæй æрцæудзæн... Фыстæг чызджы къухтæй æрхауд. Дис æмæ ды- зæрдыджы цæстæй ныккаст зæронд усмæ. 25-
— Уый ды... ды Сердюк Еленæ?... Ды дæхæдæг дæ уыцы æгъуыстаджы зарæггæнæг?.. — О, æз мæхæдæг... Мæ райгуырæн бонмæ, ме ’взонгады зарæг, кæйдæр номæй слæвар кодтон мæ- хицæн... — зæронд ус йæ кæуындзæг нынныхъуыры- ныл ацархайдта, фæлæ йын нæ бантыст: цины цæс- ■сыгæй уадид айдзаг сты йæ цæстытæ æмæ афтæ цæссыгдзаст, удрайдæй каст чызджы бынтон æв- зонг, æнæлаз цæсгоммæ... Арешперан ÆНÆХИЦАУ Дысон-бонмæ йæ уарынæй нæ банцад. Арв мæ- -стыгъуызæй гæрæхтæ кодта, судзгæ фæттæй æхста зæххы донласт риу. Уарыны дон, бæстыхайы фисынтыл цы дондзон хæтæлтæ æрдаргъ, уыдон къæдзфындзтæй сæх-сæх кодта, уæззаугай лæдæрст фæрссæгты æвгтыл. Æви уыдон цæссыгтæ уыдысты?.. Арвы цæссыгтæ?!. Фе- хъуыстон, хæдуд, æнæцæстытыл æрхæцæгæй амæ- лæгыл, дам, арв дæр къуыбар цæссыг фезгъалы... Знон, суанг райсомæй, цыдæр йæ чемыл нæ уыд. Сихоры онг йæ сынтæджы фæрафт-бафт кодта, -стæй — æндæр амал нал уыд æмæ æфснайæг усы, дохтырмæ нырвыста. Уый йæм суад. Æрысгæрсты- тæ йæ кодта, цыдæр хъылма хостæ йын бадардта. Кæд, дам, дын райсоммæ нæ фенцойдæр уа, уæд, .дам, дæ стæй рынчындонмæ афысдзынæн. 26
Нæй, ацы хатт ын ницы уабæрæг феххуыс сты дохтыры хостæ дæр. Изæрырдæм ноджы æруæззау. Иæ цонгыл схæцынхъом дæр нал уыд, мæгуыр. Æх- ■оæвæрыл, йæ цайæ цалдæр хуыппы скодта, стæй агуывзæ йæ лæмæгъ армæй æрхауд æмæ астæрдыл нызгъæлæнтæ. «Етт, мæ хæсгæ мæрдтыл! Æнхъæлдæн æмæ мæ хæсфидыны дуг ныллæууыд!..» — ныккæрзыдта лæг. «Уастæн, дæлдæр ныххауай, зæрондæрымысæг, кæд ды дæр мæлæты хъузон дæ?.. Лæгæн иу йæ хъа- ру цы байсут развæлгъау, йе уонгыл йæ бар куы- нæуал фæцæуы, фыдбоны пъæззы йыл куы бахæ- цын кæнут!.. Уаих фæуат, ацы цæнгтæ, кæддæр цы- фæнды уæззау куыстæй дæр фæллайын куынæ зыд- тат, уæд ныр, агуывзæ дæр нал уромут?..» Æфснайæг ус, — бæрзондгомау, ахуырстбыл, цъæхдзаст сылгоймаг, — палатæмæ æрбахызт æмæ ма йын уый дæр, йæ мастыл афтыдта: афтæ æмæ, дам, афтæ, кæд, дам, дæ цай нæ хъуыд, уæд, дам, .æй цæмæн айстай? Æви, дам, дæм агуывзæтæ сæт- тын цинау кæсы?.. «Уаих æрбауай, къуыдипп сылгоймаг, кæд хатт дæ дзыхæй цы ’нæрхъуыды ныхæстæ схауы!.. Ау, исчи ма йæ фырхъалæй йе ’хсæвæры хай астæрдыл калы?.. агуывзæтæ сæтты?!» Ницы йæм сдзырдта. Æмæ йын æниу зæгъгæ дæр цы кодтаид?.. Æфсæст лæг æххормаджы рис кæд бамбæрста?.. Иу — иннæйы низæн фидар кæд нæма уыд? Иæ масты тула нынныхъуырдта зæронд. Базыл фæстæмæ йæхи æруагъта æмæ палатæйы цармæ фæлмбадт цæстытæй нымдзаст. Сылгоймаг, æвæццæгæн, йæ ныхæстыл фæфæс- мон кодта: исдуг йæ уæлхъус хатырдзастæй алæу- уыд, стæй арф ныуулæфыд æмæ æддæмæ ахызт. Æхсæв писидоны стылдта фæрссаджы егъау 27
æвгтæ. Æрталынг. Дымгæ цыма иуцасдæр йæ ни- уынæй фенцад. Дард кæмдæр ныггыбар-гыбур ла- ста æмæ уарыны фыццаг æртæхтæ фæрссаджы æвг- тыл скъæрццытæ кодтой. «Уары... æгайтма скъæв- да кодта... ацы хус рæстæджы, сойанызтау уыдзæн зæххæн...»— ахъуыды кодта рынчын. Фæстæмæ разилæн æй нæ уыд æмæ чъылдым- здæхтæй хъуыста тæрккъæвдайы уарыны фæлва- рæнтæм. «Æмæ уæдта ихмæ раивта... Хуыцау ма зæгъæд! Алцы дæр йæ тæккæ гагафтауыныл у æмæ ныссæрф- дзæн бæстæ... — батыхст зæронд. — Æниу цы-фæн- ды куы феста, уæддæр сæ æз, æвæццæгæн...» — дарддæр йæ хъуыды нал ахæццæ, æбуалгъ æмæ йæм æнæбауырнгæ фæкаст йæ мæлæт. Алфæмблай ныннуд, ныггуыппæг. Дымгæ ма-иу хатт рацъыллынг ласта бæлæсты сæрты æмæ стæй кæмдæр æрбайсæфт. Æваст арв ныррыхыд, тых-тыхæгæй ныррыпп- ласта. Рухсытæ-ахуыссыдысты, æмæ бæстыхай æгасæй- дæр мæйдары аныгъуылд. «Уæд та-ма æфснайæг устытæй исчи куы ’рбакæ- сит...» — тыхсы зæронд. Куыд-фæстагмæ ноджы æр- тарф, ныууæззаудæр. Иæ хуылф, цыма дзы кæфо- йыдзаг цæхæр бакалдæуыд, уыйау, цъæх арт уадзы. Ком ныххус, ныддæрзæг. Æвзаг къодахы лыггаг фестад, — рæсæй хафæгау кæны комыкъултæ. «Етт, ныр иу доны хуыпп, иунæг æртах æрмæст- дæр!..» Бæргæ йæм дард нæу йæ бæллиццаг, — уæртæ фынгыл, тæбæгъы æвæрд графины æртахау рæсуг, уазал дон. Фæлæ лæг сыстынтæн нал у æмæ йæм дардæй йæ чъырццæ былтæ ’хсыны. «Гъей, уаих æрбауай, мæ рафæлдисæг, гъе! Уæд 28
та м’ын иугæндзон аскъуын мæ уд æмæ мын ацы хъизæмар мауал æвзарын кæн! Иуафон санитаркæтæ къæлидорты разылдысты. Чидæр сæ йæ кой дæр скодта: — Уыцы зæронд та, цымæ, кæцы палатæйы хуыссы?.. — Мæ-гъа, 36 æви 38-мы, — бæлвырд нæ хъуы- ды кæнын... — сдзуапп ын кодта иннæ. — Цымæ йын хион исчи ис, æви бынтон æнæхи- цау у?.. — Цы загъдæуа... æвæццæгæн, зæрдæрисгæ ни- чи, æндæра йæ афонмæ иунæг хатт уæддæр абæрæг кодтаиккой... — Ацы талынджы лæг æвзаргæ дæр ницы кæ- ны... — дзуры та фыццаг, — нæ, 36-мы нæй. Æвæц- цæгæн, иннæйы... Чидæр ын йæ дуары рахæцæнмæ бавнæлдта. Со- йын цырагъы фæлывд рухс нарæг уадздзагæй па- латæйы талынгмæ æрбакалд дуары зыхъырæй. — 38-æм... ам хъуамæ уа... — æрбайхъуыст зæ- рондмæ æддейæ æмæ йæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт: Ныртæккæ, ныртæккæ æрбахиздзысты æмæ йын бадардзысты дон... «Чизоны æмæ мын «тагъд æх- хуысмæ» дæр адзурой, уæдæ куыд вæййы?..» — Сау бонтæ мыл! Кæмдæр цыдæр судзы!.. — фæцъæхаст ласта æваст сылгоймæгтæй чидæр. — Æцæг, æцæг, устыты ’рдыгæй цыдæр сыгъды- тæф кæлы. Цомут тагъддæр!.. — фæхъæр ласта тарстхуызæй иинæ дæр, æмæ устытæ бæстыхайы даргъивæзт къæлидорты фалæмæ азгъордтой. — Уыцы рынчынмæ-ма куы бакастаиккам æх- хæст... — Ницы кæны, фæстæдæр æй абæрæг кæндзы- стæм!.. — æрбайхъуыст ма зæронд лæгмæ, стæй æп- пæт дæр ныссабыр. «Цæй зынгсирвæзт у, цæ? Сылгоймæгтæй тамако 29
ничи дымы æмæ æндæр?.. Кæцæй сæм хъуамæ ра- уадаид?..» — батыхст рынчын. Чысыл фæстæдæр æм къæлидоры иннæ кæронæй æхсæвгæс устыты хъæлдзæг ныхас æмæ пыррыччы- тæ æрбайхъуыст. «Гайтма, сæ мард гæды разынд. Охх, ацы сыл- гоймæгтæ!..» — йæ мид-зæрдæйы бахудт уатон. Рынчын йæ зæрдæ дардта, æхсæвгæстæ йæ фæ- стæмæ здæхгæйæ, уæддæр кæй абæрæг кæндзысты, ууыл. Науæд та сæм йæхæдæг дæр фæсиддзæн. Уалынджы, æцæгдæр, кæрæдзи рахсой-бахсой æмæ тæрсын кæнгæ сылгоймæгтæ йæ уаты къæсæр- мæ æрбахæццæ сты. Зæронд лæг йæ рæмбынкъæдзтыл рабадт. Пала- тæйы æнуд уæлдæф йæ рæуджытыдзаг сулæфыд æмæ сæм адзырдта... дыккаг хатт... æртыккаг... хъуыддаг дæ нæй! Сæ цъæхснаг худт, сæ хъæлæба- йæ, йæ хъæлæс хъуысгæ дæр нæ фæкодта!.. «Æвæццæгæн, дам, ын ничи ис... — йæ зæрдьтл та æрбалæууыд сылгоймæгты æрдæбоны ныхас, — ау, куыд ничи мын ис?.. Уæдæ арвы скъуыдæй æрхауд- тæн?!. Æхсæз хъæбулы ма уæддæр схъомыл код- тон: дыууæ чызг æмæ цыппар лæппуйы, — хъæу- бæстыдзаг адæм! Фæлæ сæ ацу æмæ, дæхицæн ба- цагур! Бахъомылтæ сты, алчи сæ йæ царды сæргъ слæууыд æмæ сæ зæронд фыды хъуыды дæр нал кæнынц, уæдæ!..» Зæронд бынтон æртарф. Низæфхæрд зæрдæ сæл- хæр гæппытæ систа риуы: куы бынтон фæмынæг вæййы йæ цавд, куы, тыхсастæй риуы къултыл йæ- хи ныххойы. Буар, пысырайы надау, судзы æмæ ду- ды. Хатт, йæ улæфæнтæ ахгæнынц, уæлдæф ын нал фæфаг кæны æмæ уæд, йæ дзых æнæбон фæхæлиу- фæхæлиу сисы рынчын. «Æгъи!..» — ныр ын, цыма фенцондæр. 30
«Искуы ма куы сбон уаид, искуы ма!..» — тых- сы зæрдæ. Иуафон чысыл æрфынæй. Æниу, цæй æрфы- нæй, — талынг, æнуд хъоргъы аирвæзæгау, йе ’нкъарынад рæстæгмæ фесæфта... ...Цыма, æдзæрæг, тыгъд быдыры рацæуы йæ урс саулохагыл. Хур, æнауæрдонæй судзы. Зæхх ныскъуыдтæ, ныффæстытæ рынчыны былтау. Уæлдæф уæззау, æнуд — риуыдзаг сулæфынæн нæ комы. «Етт, ныр иу доны хуыпп!..» — тыхсы барæг дой- ныйæ: йæ ком ныххус, цæсгомы хид лæсæнтæ фе- стад. Бастад, бафæллад дардвæндæгтыл мæгуыр, æмæ саргъы гопыл дзойтæ кæны. Хуыздæр уавæрьг нæй йæ хайуан дæр... Иуафон, цавæрдæр хъæдмæ бафтыдысты. Цы- дæр, сæр-сæрау ауад лæджы хъустыл. «Гъе, джиди! ныр иу доны хъуыртт!..» — цæр- дæг бæхæй æргæпп ласта æмæ размæ бауад. Кæсы æмæ мæнæ дидинфæлыст, диссаджы рæ- сугъд æрдуз. Æрдузы бæрæгастæу, хъуынахæст къæйдуры скъуыдæй æвзист суадон абузы. «Табу дæхицæн, ме сфæлдисæг!..» — ныццин код- та лæг æмæ йæ бухар худ фелвасгæйæ, сау суадо- ныл ныддæлгом. Нуазы дзы зыд’æй, стыр хъуырд- тытæй, фæлæ диссаг: цас фылдæр дзы нуазы, уы- йас ноджы дойныдæр кæны лæг. Иæ хайуан дæр сатæг донæй ныллалым кодта йæхи æмæ æнхъæлмæкæсæгау слæууыд йæ уæл- хъус. Растад лæг. Раздæрау, фырдойныйæ судзы йæ риу, цæстытæ тарытæ кæнынц. Бухар худы счъи- лæй асæрфта йæ роцъо, йæ мæцъæл дæллагхъуыр- тæ: мæнæ-ма, йæ риу куыд ныххуылыдз кодта!.. Æваст æм доны сæргуырæнæй, урсдарæсджын сылгоймаг схызт. Чи уа, цымæ?.. Акæс-ма, кæд у 31
не ’фсин, чындздзонвæлыстæй!.. Раст ыл ахæм да- рæс уыд, дзуар куы ’фтыдтам, уæд дæр...» Сылгоймаг лæджы цурмæ бацыд æмæ йын ма- дзурайæ йæ цонгыл рахæцыд. «Кæдæм мæ кæны, стæй цæмæн?..» — нæ фæн- ды лæджы ничердæм, фæлæ ныхмæ зæгъын йæ бон ницы у: сылгоймаг ын байста йæ дзырдхъом, йе уонджы хъомыс æмæ лæг, нывондагау, æнæссы- бырттæй, араст йæ фæдыл. Суадоны цурмæ бахæццæ сты. Цæй суадон-ма — æнæхъæн фурд фестад! Йæ урсфынк уылæнтæ, цæджджинагау фыцынц, знæтхуызæй æнхъæвзынц саухуырджын былгæрæттæм. Йе ’фсин, уыцы æдзæ- стхизæй доны балæгæрста. Лæджы дæр ласы йæ фæдыл. Уый нал комы дарддæр, йæ къæхтæ ныц- цавта. Æваст, йе ’фсин нал, фæлæ ныр та, æрдæбоны æфснайæг ус фестад йæ фарсмæ. Ие ’мкъайы чындз- дзон къабайы бæсты йыл урс халат, фатæйы бæсты цикъæ сæрбæттæн. «Амæй мын, хъæллæкк, ницы тас у: исты фыд мыл æрцыд, зæгъгæ, — фыццаджы-фыццаг ын йæ- хицæй агурдзысты дзуапп! Цæй, цæуон йæ фæ- дыл!..» — аскъуыддзаг кодта зæронд æмæ фурды бахызт. Цæугæдон, ныр та, æнæзмæлгæ, дардыл зылд цадмæ раивта. Цæуынц, лæгæрдынц дыууæйæ йæ æрфæнты, æдас — æдзæстхизæй. Дон сæ ронбастæй фæуæлдæр. Цалдæр къахдзæфы ма æмæ сæ хъуыр- мæ скæлдзæн!.. Хур, хæхты чъылдымыл йæ судзгæ цалх банцой кодта. Арвыл ма, «мæрдты хуры» фæстаг тыитæ удисæн тыбар-тыбур кæнынц. Цады инджынахст, æнæзмЬелгæ уæлцъар дæр туггъуыз афæлдæхта. Сылгоймаг, сыфцæй ласæгау фæкæны зæронды. 32
Иу къахдзæф ма, æмæ сæ’ дыууæтæ дæр кæлæйнаг цаддоны аныгъуылдзысты. Лæг фыртас, фыруазалæй гæв-гæв кæны. Къа- хæй-къухмæ ихы къæртт фестад. Уый хыгъд ын, йæ сæргæхцыл, цыма тæвд тебæ æрфæлдæхтæуыд уы- йау, судзы. Æваст лæг йæ къах цæуылдæр ра- къуырдта æмæ доны аирвæзт. Зæронд фæкъуырма, йæ улæфт æрбахгæдта. Цæстытыл туггъуыз зиллач- чытæ абадт. Чидæр ын, Цыма, уазал дæрзæг къу- хæй йæ зæрдæмæ бавнæлдта æмæ йæ хуылыдз ар- мыдзыхъы æвдæрзы, лæмарæгау кæны... «Мæлдзынæн... ме сæфты сахат æрлæууыд...» — адзалы уазал анхъæвзта йæ уæнгты лæгæн. — Уу-у-у-у!.. — æвæццæгæн йæ хицауы зындзи- нæдтæм кæсын нал бафæрæзта æмæ йæм, цæмæн- дæр тæфласы бæзджын хъæлæсæй ныууасыд йæ саулохаг былгæронæй. Зæронд лæг йæ фынтæй фæиртæст. Хъæрзæджы улæфт скодта. Тæфласы дæргъвæтин æхситт-ма йæм иу хатт, фæзилæнæй æрбайхъуыст, æмæ стæй поезды цæлхыты иугъæдон уынæр цадæггай бамыр, батад æхсæвы тары. ...«Цыппар сахат... цыппар æххæст кæны... Ныр- ма кæд сбон уыдзæн!..» Æруæззаууæвæг цæсты уæлтъыфалты цадæггай байгом кодта: хатæн, ингæнау талынг, рухсы цъыртт æм никæцæй хауы. Æддейæ арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц, къæвда лæсæнтæ кæны. Æвиппайды арв ныррыхыд, ферттывта æмæ рухсы фæлхъæзæн зæронды цæсгомыл атæлфыд. «Нæ, хорз фын нæ федтон. Хæрзæбоны фын нæ уыд, уый...» — йе ’рдæбоны цæстылуайæнтæ йæ зæр- дыл æрбалæууыдысты лæгæн. Хъæццулы кæрон-ма ноджыдæр хъуамæ асчъил кодтаид, фæлæ йæ бон куынæ бацис, уæд æй ныхъ- хъуыдты уагъта. Иæ буар æгасæй дæр сыгъд, цъæх- 3. Тедеты Р 33
арт уагъта. Зæрдæ дæр-ма, æнæбары тæпп-тæпп кодта риуы агъуды. «Уыцы устытæй исчи ам куы фæуыдаид... уæд та æмæ æнæцæстытыл æрхæцæг...» ахъуыды кодта лæг, фæлæ йæ фæдис хъæр йæхимæ дæр куынæ фе- хъуыст, уæд бамбæрста йе ’намонд... Адзалы уазал къахыцъуппытæй рауылæн кодта уæлæмæ, буары ма цы тафсы муртæ аззад, уыдон йæ разæй сургæ, æмæ риуыгуыдырмæ схæццæ. Уа- дид йæ цæнгтæ дæр ихы къæрттытæ фестадысты, фæлæ зæронд уыдæттæн ницыуал æмбæрста... Ие ’дых, фæлахс буары цард æмæ мæлæт æнусон æрм- хæсты бацыдысты æмæ незамантæй фæстæмæ цæ- уыл скъуыддзаг кодта сæ быцæу, ныр дæр ууыл банцад... Цардьт æндар ма иу лæмæгъ риуыгъд скодта йæ дадзинты æмæ лæг йæ фарсыл фæфæлдæхт: æдых цонг сынтæгæй æддæмæ рахауд, бынмæ æрзæбул, æмæ куыстдзагъд, хъæбæр армы тъæпæн чъизи ас- тæрдыл æрныдзæвд... «Хуры скаст ма уæддæр куы федтаин, ху- ры!..»—мæлæтдзаг хыр-хыримæ батæлфыд нымæг- гæнæг сæры магъзы æмæ стæй, æппæтдæр, æгæрон талынг æмæ æнцойдзинады аныгъуылд... Зæрдæ-ма иу хатт æнæбары стæпп ласта æмæ стæй, йæ баифтындзын кæмæн байрох чындæуыд, уыцы сахатау йæ кусынæй ныллæууыд... Райсомæй Глухо, — афтæ хуыдтой æфснайæг ус- тыты æххуысгæнæджы, (алы зæрæдты хæдзары дæр вæййы ахæм, иу кæнæ цалдæр барвæндон цу- майы лæджы) — куыддæр палатæйы дуар æрбакод- та æмæ зæронды уыцы хуызæнæй ауыдта, афтæ æфс- найджытæм фæфæдис. Уыдон уадид æрбазгъорд- той. Зæронды мардæй æрбаййафгæйæ, хорзау нал фесты. Цалдæрæй йæм фæлæбурдтой. Иæ уæрджы- тæ, йе ’фсæры къæдз ын æррæстытæ кодтой. Чидæр 34
сæ фæрæвдз æмæ тæвд компресс кæцæйдæр æрба- давта. Тæвд уымæл бинты гæбаз марды цæстытыл авæрдтой, фæлæ мæрдæндзыг уæлтъыфылтæ æрæх- гæнын нал бакуымдтой æмæ цæстытæ ирдæй баз- задысты... — Цымæ йæ ам баныгæндзысты, æви? — афар- ста устытæй сæ иу. — Уæдæ йын цы кæндзысты... Бынтон æнæхицау чидæр у, мæзæрде... Ам æй бавæрдзысты, хицауа- ды хардзæй, — сдзуапп ын кодта иннæ. — Уæдæ та ай дæр нæхи фыдæбойнаг куы у... — йæ уæхсчытæ æнæразыйæ фелхъывта цъæхдзаст æфснайæг ус. Ууыл аскъуыддзаг сæ ныхас. Глухойы марды уæлхъус фæуагътой æмæ сæхæдæг се ’ннæ куыстæг- тæм атындзыдтой: сменæйы æрбацыдмæ сын æнæ- хъæн уæладзыджы палатæтæ, нырма æфснаинаг уыдысты... Къæвда раджы, фыццаг боныцъæхтыл банцад йæ уарынæй. Дымгæ мæсты къамбецау, ныффутт ласта сау мигътыл, ассыдта сæ йæ разæй æмæ сæ кæмдæр хæхты фæсрагъ æрнадта. Бурдзыкку уалдзыгон хур, ногæхсад арвыл стылд æмæ дунемæ йæ мидбылты бахудт. Иæ зæрин тынтæ зæрæдты хæдзары уæрæхтæ кæртыл дæр ауылæн кодтой. Цъæхвæлыст кæрт мингъуыз ахо- рæнтæй сæрттывта. Дыргъбæлæстæ сæ къæвданад базгуытыл уæлдæр схæцыдысты. Дидинтыл, бæлæ- сты сыфтæртыл ауындзæг сæууон, æвзист æртæхтæ дзæнхъа дуры къæрттыты хуызæнæй сцæхæртæ калдтой..., Хуры тынтæ бæстыхайы кæройнаг пала- тæйы рудзынгæй дæр бакастысты. Исдуг, урсдзагъд къулыл, армыйас, уысмæн хуызивæнтæгæнæг рухс- фæлхъæзæн афæстиат. Стæй, зæронды фæлурс цæс- гоммæ æргæпп ласта æмæ лæджы пыхцыл æрфгуы- тыл, мæллæг, æнцъылд уадултыл андзыг. 35
«Сыст уæлæмæ, сыст!.. цафон фынæй ма дын у, — хур бæндæпбæрц куы сфардæг йе ’ рвон фæндагыл, адæм сæ куысты сæргъ раджы куы ба- лæууыдысты, уæд ма ды ацафонмæ уаты цы ми кæ- ныс?!.» — хыл кодтой, хæцыдысты хуры тынтæ зæ- ронд лæгмæ. Фæлæ зæронд лæг куынæ æмæ куынæ змæлыд, уæд бамбæрстой æппæт дæр æмæ фырæф- сæрмæй ныкъæлæсытæ сты. Адæргæй-ма, куыддæр- ты æргæпп ластой зæхмæ. Къул-къул, фæрссаджы онг ахъуызыдысты хуры бурдзыкку, къæбæда тын- тæ æмæ стæй, фæлгæты зыхъырæй асхъиудтой æд- дæмæ. ...Хурмæ дæр фехъуыст æбуалгъы хабар — лæг- зианы хабар... Тыхджын ыл фæрыст хуры цæхæр зæрдæ. Уæлдай зындæр та йын уыд, уыцы лæг, йæ уындмæ бæлгæйæ кæй систа йæ уд. Хуры скастмæ кæй фенхъæлмæ каст æмæ йын йæ фенын кæй нал бантыст... Æрдз, цыма æгасæй дæр фенкъард. Хур, сау ми- гъы бындзыгæй асæрфта йæ сыгæвдылд уадултæ æмæ зæхмæ йæ хъарм цæссыгтæ æрæзгъæлдысты... ...Адæм та æнхъæлдтой: хур, дам, йæхи найы... Арешперан УÆЙГÆНÆГ Бæрæгбон... Уæлахизы бон... Комхæлиу фæрс- сæгтæ тырысаты сырх æвзæгтæ раппæрстой æддæ- мæ. Сырх хъуымацы æрттигътæ уалдзыгон уадымс 36
æнкъусы... Уынгтæ — бæрæгбонфæлыст, хъæлдзæг адæм, демонстранттæ... зарджытæ... музыкæ... æр- мæриныйас дамгъæтæй фыст плакаттæ: «Уæлахиз уæд 9-æм Май — Уæлахизы бон!..», «Цыт æмæ Кад хъæбатыр Советон хæстонтæн!..», «Уæлахиз уæд Коммунистон парти æмæ Советон хицауад!..» Ветеранты риутыл тæмæнтæ калынц сæ хæстон хорзæхтæ. Чысыл къадатæ цæугæдонмæ куыд тыр- ной, афтæ адæмы уылæнтæ дæр — Сæйраг фæзуат- мæ. Уым — гарзджын тыхты парад, æмбæстагон де- монстраци... Дæлæ уынджьт, сæ къæхтæ æмист кæнгæйæ, ссæ- уы пионерты къорд. Сæнтурс, æмхуызон хæдæттыл сырх галстуктæ, артæвзæгтау судзынц. Разæй — трубатыл цæгъдджытæ, зарæггæнæг — саулагъз, цъæхдзаст лæппу. Сæууон сыгъдæг уæлдæфы дард- мæ ивьтлы æндыгъдзæл, мæстæг зарæг: Ацы Уæлахизьт бон нын Топпыхосы фæздæгæй сарыд, Ацы цинагæй, мит — чырс Къæмисæнтыл æнæвгъау æруарыд... Зæрæдты хæдзар дæр йæхи рафæлыста. Цæ- рæн корпусы разныхыл, иу кæронæй-иннæмæ, — транспарантты сырх тæлы, дидинджытæ... тырыса- тæ... Парти æмæ хицауады разамонджыты нывтæ... Уагдоны хæрзæфснайд кæрты — гом æмбырд. Æниу цæй æмбырд — æнæхъæн митинг! Цъиуæй- бæдулæй ныттымбыл сты ам цæрæг зæрæдтæ, кус- джытæ. Æнхъæлдæн, уазджытæ дæр сæм æрцыд кæцæйдæр... — Зынаргъ æмбæлттæ!.. Цытджын уазджы- тæ!.. — райхъуыст динамикæй чызг-усы хъæлæс. — Уагдоны кусджыты номæй уын арфæ кæнын Уæла- хизы боны æмæ бæрæгбонон æмбырд нымайын го- 37
мыл!.. Ныхасы бар... — чызджы фæстаг дзырдтæ тыхджын къухæмдзæгъды бын фесты æмæ сæ нал фехъуыста лæг. «Цымæ сæ фыццаг чи рацæудзæн ныхасы, пар- торг, æви директор?.. Æниу сæ мæнæн цы хъауджы- дæр ис. Дыууæтæн дæр сæ цæстысындз дæн. Бар сын ис, зæгъгæ, уæд мæ, æвæццæгæн, фæнык фе- стын кæниккой... Æцæг, чизоны бынтон афтæ дæр нæу, фæлæ уæддæр»... уæддæр нæ бацыд се ’мбырд- мæ... нæ йæ бахаста йæ къах... Цæрæн корпусы фæстæ къаннæг цаддоны был бады Гæндил æнкъардæй. Цаддоны алыварс сагъд, пæлæхсар хæрисбæлæстæ сæ сыфтæрджын къабæз- тæ зæххæмвæз æруагътой, æмæ йæ адæмы цæстæй æмбæхсынц. Æмæ уыцы ныв та, кæддæриддæр æх- цон вæййы Гæндилæн. О, кæддæриддæр... уæлдай- дæр та абон... Уæлахизы бон... иумæйаг цинаджы бон... «Ехх, уастæн, мæ амондæн æвзæрдæр цы ис, уый ныффæлдыстæуа!..» —æлгъиты йæхинымæр Гæн- дил. Æниу, зоны лæг, амондыскæнæг, ныхысæрыйас дæр йæ разы кæй ницы у аххосджын. Æппæты дæр иунæг йæхæдæг кæй у азымджын, фæлæ... Ехх, ныр ын, йæ рахис цонгæй дæр, гæнæн куы фæуид, йæ цардыбонтæ дыккагæй рацæрынæн. Уы- цы стыр æмæ æвирхъау рæдыд сраст кæнынæн. Цæ- мæй абон афтæ сæркъул, афтæ æргъæвст ма уа, уый дæр йе ’мкарæнты ’хсæн. Фæлæ... ивгъуыдмæ нæй раздæхæн... никæд... ницыхуызы... Бады сæргуыбырæй Гæндил. Хъуынджынуæ- ларм армытъæпæнтæ уæраджы чъиритыл нындæгъ- дысты, хæтæл зæнгтæ фатхъулты цур — дзуар- æвæрд. Мæлдзой, цардиппæрд цæстæнгас... Цады æндзыг уæлцъарæй йæм кæсы тæнтъихæг, ацæргæ нæлгоймаг, — йæхи хуыз-æндæрг. Цыргъфындз, бæха^фсæр, тæссармæ, нарæг тарныхы дывæрсты — 38
дыууæ лæгуын уадздзаджы... Цæстытæ цады ай- дæнуæлцъармæ ныдздзагъыр сты, сæ разы та — бынтон æндæр нывтæ... О, о, уыцы æлгъыстаджы æхсæв та æрлæууыд Гæндилæн йæ зæрдыл. Иæ уд- ирвæзæн æмæ йæ худинаджы æхсæв... — «Гæндил, дыууæ лæппуйы авзар дæхицæн, ахсæв цыфæндыйæ дæр хъуамæ «æвзаг» самал кæ- нат»... — загъта йын изæрæй, разысгарджыты къор- ды хисдæр, бурдзалыг лейтенант Антъохин. Арвы къускъ ныкъкъæрцц ласта æмæ Гæндилыл чъылбызгай æрæзгъæлд уыцы ныхæстæм. Цыма йыл къæртайыдзаг дон æрбакалдæуыд, уыйау фæ- цис лæг. — Ис, æмбал лейтенант!.. — уæддæр йæ мид- равг ницæмæй равдыста, фæтых йæ тæппудыл хис- дæры раз. Сæ полк æрхъулайы бахауд. Знаг æй фурды былмæ æрбалхъывта. Фехæлд сæ бастдзинад сæй- раг тыхтимæ. Сцух сты хæцæн æрмæг æмæ хæрина- гæй. Цалдæр хатты афæлвæрдтой гитлеронты æр- хъула атоныныл, фæлæ-иу сæ хъазуат абырст куыр- мæджы агæрахау фæцис, знаджы тыхты равæрд кæй нæ зыдтой, уымæ гæсгæ. Æвæстиатæй сбæрæг хъуыд æрхъулайы цæджы лæмæгъдæр бынат. Уы- цы хъуыддагæн æнæ «æвзаг» ницыхуызы уыд ба- кæнæн, æмæ «æвзаг» та къухты не ’фтыд. Дысон дæр æмæ æндæрæхсæв дæр арвыста Антъохин раз- ысгарджыты цалдæр къорды, фæлæ... сæхæдæг дæр нал æрбаздæхтысты лæппутæ. Ныр та — мæнæ адон рад... ...Талынг, хъызт æхсæв. Уæддæр хæрз арæхст- гай ахызтысты хъахъхъæдады раззаг хаххыл æмæ дарддæр бырынц гуыбыныцъарыл. Цæсты къух нæ, фæлæ къалабæлас дæр фæтъыстай — нæ йæ рав- зардзынæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ, арвы мæйдар срæ- хойынц рухстау ракетæтæ æмæ алфæмблай, бонау 39
ныррухс вæййы. Йæ уæлвæд скусынц знаджы нæ- мыгзгъалтæ æмæ минометтæ: гитлеронтæ тæвд нæ- мыгæй сгарынц астæузæххы уадздзаг; — хъазуаты та ма рафсæра адзайлаг полк... Ахæм рæстæджы разысгарджытæ дæр сæхи зæх- мæ пылвасынц, нындзыг, ныддур вæййынц сæ мид- уæтты. Стæй та кæрæдзи фæдыл алæсынц урспæ- лæзджын æртæ хæстоны, сæ фæстæ над миты мы- дулвæд уадзгæ... «...Æтт, ме скæнæг хуыцау! Ацы хатт-ма мæ ма фесаф, ацы фыдбылызæй дæр-ма мæ бахиз, æмæ цæрæнбонтæм дæуæн кувæг, дæумæ табугæнæг уы- дзынæн!..» — кувы, лæгъстæ кæны йæхимид Гæн- дил, — фæцæуæм, нæхи къахæй фæцæуæм мæлæты дзыхмæ..^ Нæ хицауад... Германы, дам, хъуамæ ныс- сæттæм... Арсимæ мын кæрдо цæгъды!.. Мыггаг- дзагъд нæ ныккæндзысты... Фæлтау дæхи уацары радт æмæ дæ уд бахиз... Немыц дæр, мыййаг, лæг- хортæ куынæ уыдзысты æцæг. Ау, цагъар, лæггад- гæнæг дæр никæйуал хъæуы?!» — гуырынц сæхи- гъæдæй, мæлæты тасæй джитæнтæгæнæг сæрымагъ- зы, фыдвæнды галиу хъуыдытæ. О, бæргæ фездæхид, ныртæккæ дæр ацы адзал- хæссæг фæндагæй, фæлæ кæдæм цæуа дарддæр, кæм бафснайа йæ сæр? Разæй гитлеронтæ, фæстейæ — нæхи æфсад, — уыдон ноджы карздæр, ноджы æгъа- тырдæр цæстæй_ракæсиккой Гæндилмæ. — Æмбал сержант... æмбал сержант... — æрбай- хъуыст æм иуафон разæй, рæнхъон . Панкратовы ныллæг хъæлæс, — немыц... — Цы?! — фестъæлфыд Гæндил. — Гитлеронтæ... — йæ уæхсчы сæрты йæм æрба- дзырдта дæргъындзæг Рязанцев дæр æмæ йæ авто- мат æррæвдз кодта. Уæдмæ йæхæдæг дæр бæлвырд фехъуыста не- мыцæгты дыгъал-дыгъул, мынæг худт. 40
«Фесæфтыстæм!.. ныммардзысты нæ!..» — фыр- тæсæй андзыг йæ сæрымагъз, адон сты йе уæнгтæ Гæндилæн. Æваст цæхæркал ракетæ ацауындзæг сæ сæрмæ æмæ хурау ныррухс кодта алфæмблай. Гæндилы цæстытæ ацахстой бетон цæджындз- тыл тыгъд, сындзтел быру, траншейы уадздзаг — чысыл фалдæр. Немыцæгты ныхас дæр сæм, æвæц- цæгæн, уырдыгæй фехъуыст. — Нысанмæ æрбахæццæ стæм, æмбал сержант. Цы бакæнæм дарддæр?.. — йæ хъусы йын басыбар- сыбур кодта Панкратов. Сдзуапп кæнын ын нал рæййæфта. Уадид дык- каг ракетæ фехæлд сæ тæккæ сæрмæ æмæ бæстæ гуыпп-гæрах сси. —, Рус капут!.. Сдавайс, доннерветтер!.."" — фе- хъуыст сæм траншейæ немыцæгты сæртæг хъæртæ. — Мæлæт фыдызнагæн!.. — Панкратовы цъæ- хахст сиу йæ автоматы къæр-къæримæ. — У-у, джауыртæ!.. — скуыста Рязанцевы хотых дæр. «Сухты цагъд нæ ныккæндзысты!.. Нæ мард дæр фесæфдзæн ацы æдзæрæг быдыры!.. Нæгъ, Гæндил уыцы æбуалгъы ми не ’руадздзæн!.. Гæндилы ныр- ма цæрын фæнды!..» — нучысыл сыдз-мыдзы алæст* æмæ зæхмæ йæхи нылвæста лæг. — Фæцæф дæ, мыййаг, æмбал сержант? — иу каст æм фæкодта Рязанцев. Гæндил, дзуаппыфсон цыдæртæ багуым-гуым кодта æмæ ноджы фæстæдæр алæст. Нæмгуытæ, ихуарæгау, згъæлдысты. Дæрддзæ- фæй æрбайхъуыст знæт куыйты рæйын. — Æллæх!..— æваст йæ иуварсыл фæфæлдæхт’ Панкратов. Хæдæхс æрхауд, лæмæгъгæнæг къухæй. * Доннерветтер — (нем) æлгъыст. 41
Йæ уæлвæд Рязанцевы хотых дæр ферхæцыд йæ гæрахæй. — Руссише швайн, сдавайс!.. ферфлюхтер!..**— æлгъитынц немыц. Бынтон хæрзхæстæгæй хъуысы куыйты рæйын. «Гъе ныр, гъе, мæнæуый!..» — хæдæхс иуварс феппаргæйæ, цæнгтæхъилæй фæгæпп ласта Гæндил. — Ма фехсут!.. Рус капут!.. Хайл Гитлер!..— размæ мæлдзой къахдзæфтæгæнгæ, хъæрахст кæ- ны йæ дзыхыдзаг. Уадид йæ уæлхъус цалдæрæй февзæрдысты. Чи- дæр æм фанары рухс ныддардта. Галыййас куый- тæ йæм сæхи æууындзынц. — Уæйгæнæг!.. Æфсымæрхор!.. — немыц Гæн- дилыл фесты æмæ сæ ничи фæхатыд Рязанцев йæ рæмбынкъæдзы ’нцой куыд рабадт, хæдæхсмæ куыд бавнæлдта... Фæлæ æгæр æрлæмæгъ цæф хæстоны цонг æмæ нæмгуытæ сæ нысанæй фæивгъуыдтой... Йæ уæлвæд фæцыд гæрах æмæ баталынг йæ ду- не Рязанцевыл. Тъæппытæ æмæ йæ мыхъхъытæгæнгæ фæцæуæг кодтой сæ разæй. «Уæйгæнæг!.. Уæйгæнæг!.. Уæйгæнæг!..» — зæл- ланг кодта йæ хъусты фæлхаттæй, — ау, уый æз... æз уæйгæнæг?! Æфсымæрхор?! Нæ! Уый æндæр! Æндæр чидæр уыд!.. Каин!?. О, уый Каин уыд, æнæмæнгдæр, Гæндил нæ фæлæ!..» Цыфæнды мæнгард лæгæн дæр афтæ æнцон нæ вæййы, æвæццæгæн, æваст уæйгæнæджы цармы алæ- сын: Гæндилмæ афтæ райдыдта кæсын, цыма йæ удыхъæд дыууæ дихы фæцис: цыма æппæт ацы мæн- гарддзинæдтæ аразы уый нæ, фæлæ бынтон æндæр чидæр — уæйгæнæг, æфсымæрхор Каин! Æ,нхъæлдта Каин, зæгъгæ, йыл ныр Германы ** (Нем) Уырыссаг хуытæ, уæхи радтут!.. æлгъыст... 42
хицауад йæ хорзæхтæ се ’ппæт дæр ныккалдзæн, 4>æлæ йæ фæсайдта йæ фын... Иу æфсæддон комен- датурæйæ йæ иннæмæ æрвыстой, фарстой, ракъах- бакъах æй кодтой. Уый дæр сын, цы зыдта уымæй, бæлвырд дзуаппытæ лæвæрдта; архайдта йæ ног хицæутты хъыг ма райсыныл. Уымæн æмæ сæм æн- хъæлцау уыд. Стæй дæр тызмæг æмæ æгъатыр сты немыц. Зæгъгæ-иу, йæ ныхæсты, чысыл истæуыл фæдызæрдыг сты, — уырдынад-иу æй скодтой. Стæй- иу æм дыууæ мытылхъ немыцаджы, — æвæццæгæн сæ сæрмагонд уыцы куыстæн дардтой, — фæлæбурд- той, æмæ йæ фæстæмæ талынг карцеры смидæг код- той... Ныр дæр, æбуалгъы фыдфынау, æрлæууынц йæ зæрдыл уыцы рæстæджытæ Каин-Гæндилæн. Йæ уд æрдуйы нарæгæн сси, сау суарийы аргъ æм нал каст йæ цард. Иу бон нал ныффæрæзта ахæм удхъизæмæрт- тæн лæг æмæ йæ радон «экзекуторы» раз йæ зон- гуытыл æрхауд, йæ цæнгтæ хæрдмæ ныйивæзта: — Герр комендант!.. Цæуыл мæ марут?! Мæн цæрын фæндыд, цæрын æмæ иунæг уый тыххæй рад- тон мæхи уацары!.. Ау, цас зын бамбаринаг хъуыд- даг у уый! Ныр та мæ фæнды сымахимæ кусын, сы- махæн лæггад кæнын æмæ мын радтут уыцы фа- дат!.. — йæ зæрдæ æрбауынгæг. Афтæ ницæйаг, аф- тæ тæригъæддаг фæкаст йæхимæ, æмæ сабийау йæ хъæлæсыдзаг ныббогъ-богъ ласта. — Хорз, Гæндил, ратдзыстæм дын махмæ кусы- ны фадат... — фехъуыст æм æрæджийау комендант Шульцы хъæлæс, — Стыр Германы рейхæн лæггад кæнын кæй фæнды, уыдон нæ зæрдæйæн æхцон сты... — Бузныг, стыр бузныг, мæ хицау! Уе ууæнк уын æз дæр нæ фæмæнг кæндзынæн! — фырцинæй, 43
сырхбæрзæй æмæ хъоппæгдзæст бавайраджы цы- рыхъытыл ныттыхст Гæндил... Æртæ боны фæстæ йæ цавæрдæр сусæг скъола- мæ арвыстой. Ам ма дзæвгар уыд Каины хуызæт- тæ: Ахуыр сæ кодтой æрмхæсты фæткойтыл, лæг- марын, рациимæ архайын, шпионы куысты æндæр сусæгдзинæдтыл... Ахуырдзаутæй-иу сæ иутæ чердæмдæр æрбай- сæфтысты, фæлæ-иу уадид сæ бынаты æндæр чи- дæртæ фæзынд. Каин æмбæрста, уыдон немыцаг разведкæ советон фæсчъылдыммæ кæй æрвиты. Иуафон æрхæццæ Каинæн йæхи рад дæр, фæлæ уый нæ фæндыд фæстæмæ здæхын, йæ риу ногæй тæвд нæмыгмæ бадарын, нæ дæр Райгуырæн бæ- стæйы сæрибардзинады сæраппонд, нæ дæр фюре- ры тыххæй. Æмæ фæрынчын, йе ’рвитынæй цалдæр боны размæ. Немыцаг дохтыр ын йæ низыхатт рæу- джыты судзаг рахуыдта. Цæмæй зыдтой, уый раз- мæ ’хсæв Каин гомриу, гомвадæй æнæхъæн æртæ сахаты тъæнджы хъызтмæ кæй фæлæууыд! О, уæд æндæргъуызы уыдаид йемæ сæ дзырддаг!.. Ныр дæр ма дис фæкæны Гæндил куыд æмæ цы хуызы аир- вæзт уæд мæлæтæй. Куыд ын бантыст немыцаг, дæлдзæхуынаг дохтырты афæливын. Лазареты фæстæ йæ, ома амæй ницыуал пайда ис, — «Н»-йы горæтмæ ’ввахс, æфсæддон уацайрæг- ты концентрацион лагеры смидæг кодтой, фæстæ- дæр, дам, дæ æрфæрсдзыстæм. Уацайрæгтæ къæдзæхрæбын састой дур, лæгъз æй кодтой æмæ йæ иуранмæ, лæгуæрдæттыл, ластой. Æхсæз мæймæ æввахс дзы æрхырхта. Стæй йæ тæлмацгæнæгæй аурæдтой. Чысыл йæхиуыл фæхæ- цыд Каин. Ерзац-кæрдзын æмæ баландæ — фаг, раздæримæ абаргæйæ—æвæлмон цард... Фронтæй ницы хабар хъуыст. Немыц, раздæрау æппæлыдысты, Мæскуы кæй бацахстой, тагъд æнæ- 44
хъæн Советон Цæдис дæр сæ къухты кæй уыдзæн, фæлæ хæстæн йæ кæрон нæма зынд. Иу рагуалдзыгон райсом лагеры комендант, оберштурбанфюрер Гофман уацайрæгты иу ранмæ æрæмбырд кодта. Йемæ ма уыд цалдæр æнæзонгæ, æмбæстагон дарæсы. — Уырыссаг хуытæ!.. — дзырдта Гофман, йæ сæвджын бохъыр æмдынг æфцæгготыл æрæппар- гæйæ. — Абонæй-фæстæмæ сымах уыдзыстут мæнæ ацы бургомистры æмæ старостаты дæлбар!.. Стыр Германы рейх уын фадат дæтты, цæмæй йæ уæла- хизмæ сымах дæр уæ хайбавæрд бахæссат! Уый у тынг стыр хæрзиуæг сымахæн æмæ йын хъуамæ зæр- диаг куыстæй саргъ кæнат!.. — Гофман йæ лæгуын сæр фындзмæрзæнæй асæрфта æмæ уазджытæм ца- вæрдæр мыхуырфыст гæххæт балæвæрдта. — Табу- афси, ацы номхыгъдмæ гæсгæ, авзарут уæ кусджы- ты, — æмæ ацыд. Куыд рабæрæг афтæмæй, тоталон мобилизацийы фæстиуæгæн, Стыр Германы империйы кусæг тых нал фаг кодта, — уый тыххæй уацайрæгты егъау къорд æрвыст æрцыд æндæр æмæ æндæр сæудæ- джерадон объекттæм, хъæутæм. Чи ма дзы аззад, уыцы уацайрæгты адихтæ кодтой æндæр лагертыл. Лагеры администраци та, — йæ комендант Гофма- нимæ, — æрвыст æрцыд комкоммæ фронтмæ. Каины дæр, иу 25 уацайрагимæ, иу къаннæг хъæу Майндорфмæ æрластой æмæ сæ уым бауер- тыл* байуæрстой. Каинæн дзы уадид, иу тæнтъихæг, дзонгой не- мыцаг фæхицау æмæ йæ сæхимæ акодта. Кæд цы-фæнды мæрддзæст æмæ чъынды лæг ра- зынд йæ хицау Ганс, уæддæр, лагеримæ абаргæйæ, * Бауер — (нем) хъæздыг зæхкусæг. 45
ам йæхи æдасдæр, сæрибардæрæй æнкъардта Ка- ин. Стæй хæлцæй дæр ифтонгдæр уыд. Æнæзæнæг лæг уыд Ганс. Æнæзæнæг æмæ хъæз- дыг. Иæ тымбылтæ æфсин Мартæнмæ цард агуы- ридур, æддæгуæлæ бæстыхайы. Каинæп та сæ зæ- ронд зыгуымдон радтой цæрæнуатæн. Ам, ацы дæрддзæф хъæуы, цыма хæстæн йæ кой-йæ хъæр дæр никуы ис, уыйау хæсты æууæлтæй ннцы уыд. Каин, дыууæ цæнкуыл немыцаджимæ къахта картоф, æфснайдта дыргъ, цæхæра, æмæ сын сæ бæрæг хай бидаркæйыл ласта исæн пунктмæ,— уырдыгæй сæ æрвыстой Рейхы уæлахисдзау салдат- тæн. Кæд уæззау куыст кодта, уæддæр райгонд уыд йæ цардæй Каин: йæ уд — æдас, йæ гуыбын — æф- сæст. Æмæ уый та æндæр ницы хъуыд. Лæг бацæрд- гъуыз, фæцæрдæг, уæлдай фыдтæ йыл рахæцыд. Ноджы йæм иуафон, Гансы тымбылтæ æфсин фрау Мартæ йæ цæстызулæй райдыдта худын æмæ уæд бынтон йæ хъул сах абадт Каинæн, уæдæк. Кæм- дæр ма йын мад, фыд, Райгуырæн бæстæ ис, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыд. Æрмæст ын иу хъуыды, хатт æрцындзау рæхуы- ста йæ зæрдæ: уæд та ма, цы нæ вæййы, Герман састы бынаты баззад æмæ Сырх Æфсад аййæнгты æрбафсæрста, уæд куыд уыдзæн, цы хуызы цæр- дзæн дарддæр?.. Хатыртæм не ’нхъæлмæ каст — зыдта уæйгæнæджы ныхыфыст, цы йæм æнхъæлмæ каст, уый. А-немыц дæр æй кæм бавæрдзысты, сæ- хицæн сæ сæр сæ кой уыдзæн... Хæсты уæззау уылæн æввахсæй-æввахсдæр код- та. Фюреры хъæбатыр хæстонтæ цæфтæй æмæ цæн- куылтæй здæхтысты фæстæмæ. Майндорфы дæр са- рæх , сты дзонгой æмæ кастилджын инвалидтæ. Фронт домдта фылдæрæй-фылдæр хæрдзтæ. Цæрын фæзын. 46
Фронты хахх бынтон æрбаввахс. Иннæрдыгæй та Советон Цæдисы æмцæдис: Англис, Франц æмæ Америчы æфсад бырстой. Уыдон бирæ дарддæр уы- дысты Майидорфмæ æмæ, иу æмæхсæвæджы Каин йæхæдæг атыпдзыдта сæ размæ... О, уыдис уыцы хабар дæр... Тыхджын къухæмдзæгъдмæ лæг æрчъицæгау кодта. Æмбырд, æвæццæгæн, йæ тæккæ тынгыл уыд. Хæдзары аууонæй хъуыст хъæлдзæг уынæр, зарæ- джы зæлтæ. Ардыгæй фарс та цъиуызмæлæг ничи уыд, æмæ Гæндилмæ афтæ фæкаст, цыма цавæр- дæр æдзæрæг æмæ тæссаг сакъадахыл аззад хæрз- иунæгæй. «Уæ бонæй уæ уæд, цæуылнæ зарат! Мæнау ных- къуырд æмæ фæсмойнагæй- куынæ ’рвитут уæ зæры бонтæ...» — ахъуыды кодта Гæндил æмæ арф ныу- улæфыд. Уадид та йæ йе ’нагъæттаг мысинæгтæ сæ уæлныхты фелвæстой... ...Æмæ радта Каин уацары йæхи французæгтæм. Уыдон æй, Германы зæххыл цы французаг уацай- рæгтæ уыд, уыдонимæ Францмæ арвыстой. Чизоны æмæ куыд рауадаид лæгæн йæ дарддæ- ры хъысмæт, фæлæ иуахæмы, хæсты тæккæ фæуды, Советон хицауад, йæ адæмæй фæсарæнтæм чи ахауд, уыдон фæстæмæ æркуырдта. Каинмæ, уый размæ кæцæйдæр Французаг Адæ- мон фронты хайадисæджы сыгъдæг æвдисæндар æр- бафтыд, æмæ йын ныр кæд уым баззайынæн цыдæр амæлттæ дæр уьгд, уæддæр ыл мæнгныфсы базыртæ базад: иу зонгæ штабы кусæгæн йæхи номыл бай- дзаг кæнын кодта уыцы æнæхаиры æвдисæндар... Хæццæ-мæццæ рæстæг уыд æмæ йæ фæнд атылд. Стæй дæр цас хъауджыдæр уыд Францы хицауа- дæн Каин уæйгæнæг уыд, æви францаг патрнотти- мæ иумæ, Рейхы ныхмæ хъæбатыр тох кодта! Рар- выстой йæ. Уæдæ арæйнаг фильтрацион къамисæй 47
дæр æвыдæй раирвæзт: йæ алы дзуапп дæр, раз- вæлгъау барст æмæ бæстон æууылд уыд, — ницы аххосаг æм ссардтой. Баууæндыдысты йыл. Æниу сын цы бар уыд, дард Францы зæххыл немыцаг фа- шистытимæ «хъæбатыр тох» чи кодта, уыцы парти- заныл ма баууæндыдаиккой!? О, æмæ æрæздæхт йæ фыды уæзæгмæ Каин... Фыццаг бонты кæд тыхджын тарст йæ сау хъуыд- дæгты раргомæй, уæддæр куыд-фæстагмæ æрсабыр. Иæ сæр бæрзæндты хæссын райдыдта. Фæстæдæр куысты бацыд, бинонтæ æрхаста æмæ сабыр, æнæ- хъастæй цард йæхицæн. Фæлæ, цæйау акæнынц: фыдлæг æмæ фыдрæ- стæг бирæ нæ хæссынц, — хурæргом раисты иуафон йæ хабæрттæ Каин-Гæндилæн. Æмæхсæвы йæм фæ- зындысты сæраккъандзолджынтæ æмæ йæ йæ хъарм хуыссæнæй акодтой! 25 азы æрхырхта Астæуккаг Азийы, уæйгæнæг. Æппæтдæр ныффæрæзта, удвидар разынд. Æмæ та æрæздæхт фæстæмæ. Загъта, ныр сыгъдæг у мæ зæрдæ, зæрыбон уæддæр кæд æрулæфин мæ фыды- уæзæгыл... Адæм дæр... цæй, ныр сын афон уыдаид мæ иухатты бакæнд ферохкæнынæн... Фæлæ фæрæдыд. Йæ зæронд æфсиы, йæ бинон- джын фырттæ йæ нал айстой: уæйгæнæг фыд, дам, мах нæ хъæуы. Хъæубæстæ дæр ыл, æмдзыхæй хъо- ды бакодтой. О, ницы сæ ферох бынтондæр, зна- джы цæстæй йæм ракастысты се ’ппæт дæр... Æндæр ма цы гæнæн уыд Гæндилæн — йæхи зæ- рæдты хæдзармæ æрбаппæрста. Фæтæригъæд ын кодтой æмæ йæ айстой. Уæдæ йæ цы фæкодтаик- кой!?. Ныр цалдæр азы цæры ам. Хæлц, уæлæдарæс — нывыл, хъæстаг ницæмæй у. Уæдæ йæ æхсойгæ дæр ничи кæны. Æрмæст дзы се ’ппæт дæр сæхи хизынц, 48
хæцгæ низæй рынчынау. Уæлдайдæр та хæсты ин- валидтæ, уæдæ!.. Цæры афтæ, утæппæт дзыллæйы ’хсæн, хæдуд, æнæхæларæй Гæндил. Цæры, иунæг уый тыххæй æмæ йæ тынг фæиды цæрын, уæйгæнæджы гакки- мæ дæр... — Зынаргъ ветерантæ!.. Хæсты тугвæндæгтыл Стыр Уæлахизмæ чи фæцыд!.. Ноджыдæр ма уын арфæ кæнын Уæлахизы бæрæгбоны!.. — æрбап- хъуыст та лæгмæ хæдзары разныхæй. Æфсæддон маршы æндыгъд зæлтæ, хъæлдзæг уынæр... «Æвæццæгæн се ’мбырд фæцис...» — йæ лæдзæг æррæвдз кодта лæг. — Мæнæ ма сын цы дзæбæх бассейн ис! — æр- байхъуыст æм чъылдымырдыгæй æмæ фæстæмæ фæзылд. Дыууæ сырхгалстукджын пионеры: чызг æмæ лæппу, йæ фæстæ лæууыдысты æмæ йæм цымыдис каст кодтой. Чызг лæппуйы хъусмæ йæ хæмпус былтæ баха- ста. Цæуылдæр асусу-бусу кодтой, стæй чызг, уæн- дон къахдзæфтæй, Гæндилы размæ бауад: — Ды дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайади- сæг уыдзынæ... Чизоны æмæ хъайтар дæр... Арфæ дын кæнæм Уæлахизы бæрæгбоны... — йæ къухты цы зынггъуыз дидинджыты губакк уыд, уый йæм балæвæрдта. Гæндил æм иудзæвгар сагъдауæй кæсгæйæ баз- зад. Æппынæрæджиау бамбæрста, цы дзы домдтой уый, æмæ чъызгæ къухæй дидинджытæм бавнæлд- та... — Гæндил, æхсæвæр хæрынмæ цæуылнæ цæуыс, дзæнгæрæг раджы куы уыд, уæд? — хæрæндоны къæсæрæй йæм радзырдта урсхалатджын æвзонг сылгоймаг-хæринаггæнæндоны кусæг. 4. Тедеты Р. 49
Гæндил уæззаугай сыстад. Дидинджыты чъина йæ фарсмæ бандоныл хъавгæ æрæвæрдта æмæ сæр- гуыбырæй араст хæрæндонырдæм. Сывæллæттæ джихауæй кастысты йæ фæдыл... Арешперан КВИШХЕТАГ ТАПЛО Иннæ зæрæдты уæлдай, цыдæр мæ зæрдæмæ нæ цыд уыцы ус. Йæ фыццаг фендæй йæ цæмæндæр нæ айста мæ зæрдæ, фæлæ цæмæн, уымæн мæхæдæг дæр бæлвырд ницы зыдтон: æз — кусæг, хъарагъул, уый — фæлхасыуæвæг зæронд ус, — кæрæдзимæ цы бар дардтам. Æнæуый бакастæй, — зæронд ус цы вæййы, уый: къæсхуырцæсгом, гуыбырдзæф. Йæ хуызивд чысыл цæстытæ æдзух уыцы æнтъыснæгæй кастысты урс- хæццæ æрфгуыты бынæй. Галиу уæлæфсæр — æх- сæры аппыййас бызычъи, — кæддæр æй, чизоны, .фидауцджын дæр кодта, ныр та — ноджы фыд- хъуыпдæр. Удыхъæдæй мадзура уыд зæронд. О, мадзура æмæ æнкъард. Уæртæ уагдоны разкæрты цы къæ- лæтджын фæхсбандон ис, ууыл-иу райсомæй суанг изæрмæ фæбадт. Йæ цуры-иу иннæ зæрæдтæ алы ирхæфсæн, алы хъазæн ныхас кодтой, фæлæ-иу уый худыны алфæн йæ был никуы фæзыхъыр кодта: æдзух уыцы æнкъард, сагъæсгъуыз. Бæрæг уыд цы- 50
дæр стыр маст ын йæ зæрдæ кæй æвдæрзы, цавæр- дæр хъынцъым йæ риуы кæй ньшпæм, фæлæ ца- вæр, — ацу æмæ ды базон!.. Номæй йæ Тапло хуыдтой. О, Квишхетаг Тапло. Мыггагæй йын ницы зыдтон. Нæдæр чи уыд, æмæ цæмæн æрхауд ардæм, уыдæттæ. Æниу мæ, раст зæгъгæйæ, хъæугæ дæр ницæмæн кодтой: ам цал лæг æмæ ус ис, уыдон царды хабæрттæ зонын мæн цæмæн бахъуыд. Æз хъарагъул дæн. Мæ хæс у зæ- рæдтæй, æварстайæ æддæмæ мачи ацæуа, уагдоны фæллойæ мацы фæхъæуа, æндæр... Бадтис-иу фонтаны цур къуылых фæхсбандоныл зæронд ус, сосавæндагмæ чъылдымыздæхтæй, æмæ- иу йæхимид цæуылдæр хъынцъым кодта. Хатт-иу йæ хъуыдыты афтæ арф аныгъуылд æмæ-иу сихор- мæ, гъе æхсæвæрмæ сидæг дзæнгæрæджы зæлланг дæр нал фехъуыста. Афтæ-иу бадгæйæ баззад, ца- лынмæ йын йе ’мбæлттæй, науæд г.æрæндоны кус- джытæй исчи йæ цонгыл нæ рахæцыдаид, уæдмæ. Кæрдзын-иу бахордта æмæ та-иу фæстæмæ йæ бы- натмæ æрбаздæхт. Цард афтæ, иннæтæй иппæрд, хибаргондæй: ни- кæимæ иу кодта, ничи дæр ын йæхиимæ кодта æм- гариуæг — æхгæдзæрдæ, æмæ йæ фыдцъылыс сыл- гоймагыл нымадтой фæлхасыуæвджытæ... — Мæ- хæдæг дæр... о, мæхæдæг дæр раст афтæ хъуы- ды кодтон. Фæлæ иу цауы фæстæ мæ зæрдæ фæ- фæлдæхт, бынтон æндæр цæстæй бакастæн ацы æнæхицау зæронд усмæ... Мæ куыст изæры ’хсæз сахатæй райдайы, фæлæ кæддæриддæр æхсæзæй раздæр æрбацæуын. Цæвит- тон, уагдоны кусджытæ, радгæс санитаркæтæ æмæ медицинон хойæ дарддæр, — æхсæз сахатыл ацæ- уынц ардыгæй æмæ æз уæдмæ мæ бынаты хъуамæ уон. 51
Уыцы изæр дæр та раджыгомау æрбацыдтæн. Уагдоны кæрты мæ бæрныуæвæг фæллой æрбæр- .джытæ кодтон æмæ стæй, цæйдæр хъуыддаджы фæ- дыл, хъуамæ дыккаг уæладзыгмæ схызтаин. Фæй- нæрдæм аракæс-бакæс кодтон, зæгъын, ацы зæрæд- тæй искæй мæ бæсты хъарагъулдоны фæуромон, фæлæ мæ цæст никæуыл схæцыд: се ’ппæт дæр хæ- рæндоны уыдысты. — Кæй агурыс, Джани? — æрдзырдæуыд мæм уæ- ле, æртыккаг уæладзыгæй! Хъызылбег йæ хатæны балкъоны бады æмæ фæткъуы хæры. — Æрхиз-ма æмæ иучысыл мæ бæсты алæуу, æз ныртæккæ фездæхдзынæн. ,Уый цæуоглдæр ахъуыды кодта, стæй сразы: — Хорз, æрмæст иу тагъд рацу, нæ мæ ’вдæлы... Хъызылбеджы хъарагъулдоны раз фæуагътон земæ мæхæдæг дыккаг уæладзыгмæ схызтæн — мæ зæрдыл рæстмæ нал лæууы, æнхъæлдæн, уый раз- мæ бон уагдонмæ цавæрдæр тумбочкæтæ ’рбала- стой.æмæ сьтн бынат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, сæ фылдæр хай, уæле, фоэйы ныккалдтой — хъуамæ уыдоп бæрæггæнæг схызтаин. Зæрæдтæ хæрæндоны кæрдзын хордтой. Æвæц- цæгæн се ’хсæвæр фæуынхъус уыд: фæстæмæ здæх- гæйæ мыл дзы чидæртæ, кæмæн йæ къухы — со- йæ сæрст кæрдзыны карст, кæмæн — адджын гуыл- тæ, — асинты сæр æмбæлдысты. Салам сын радтон æмæ, сæ иувæрсты, пандус асиныл дæлæмæ æрхыз- тæн. Хæрæндонмæ бахизæны Таплойы ауыдтон æмæ фергъуыйау дæн. Зæронд ус фæсдуар сæргуыбырæм лæууыд æмæ иу æддæмæ чи рахызт, уымæ йæ къух бадаргъ кодта... Ай та цы диссаг у, зæгъын, мæхи йæм æввахс баластон. Раст уыцы рæстæджы Гæуыс, Дзæгъын- дзæг дæр ма .нæм .æй хонынц уæлда’й номæй, хæ- ,52
рæндонæй рахызт æмæ та уымæ дæр йæхи байвæз- та сылгоймаг: — Дæ хуыцауы тыххæй... Æз дæ мад, дæ фыды уазæг... иу къæбæр мын ме ’ххормаг хъæбултæн... Ныр мын æртæ боны хор-доны хъæстæ не сты, мæ сæр сын амæла... — хус сыфтæрты сыбар-сыбурау мæм райхъуыст йæ фæсус хъæлæс. Æнхъæлдтон, зæгъын ын ныр алывыдтæ акал- дзæн ацы лæг, фæлæ уый, мадзурайæ йæ дзыппæй; дыууæ къаффетты систа æмæ сæ усмæ балæвæрдта:. — Гъа, Тапло, æндæр мæм ницы ис... Ус сæм кæсгæ дæр не ’ркодта, афтæмæй сæ ай- ста æмæ сæ йæ сау, уæрæх къабайы дзыппытæй сæ( иуы афснайдта: бæрæг уыд йæ дзыппыты ма цы- дæртæ кæй ис, — æддæмæ йын къуыпп дардтой. Мæ дисæн кæрон нал уыд. Зæгъын, амæн цæй хъæбул, цæй æххормаг сабитæ ис, æбындар, æпæ- хицау æй куы хонынц. Науæд ын кæд исчи ис, уæд- дæр хъаймæты дуг мыййаг не ’ркодта, къæбæр сын: ардыгæй цæмæн амал кæны!.. — Цавæр хъæбулты кой кæныс, дæ хорзæхæй?' Цæй стонг сабитæ дын ис?.. — нал æм баурæдтон мæхи. — Мæ фаззæттæй зæгъын... мæ чысыл хуртæ’ Сулхан æмæ Суликъо... Дысон дæр мын, суанг æр- бабонмæ кæрдзыныл куыдтой... Ныр дæр та сæ æх- хормагæй ныууагътон, сæ гыццийы уд схауа... Æниу, дæхæдæг дæр, чизоны стонг дæ, мæ хъæбул... — йæ дзыппы йæ къух нытътъыста зæронд æмæ дзы ар- мытъæпæныйас, хус къæбæр систа, — гъа, мæнæ дын... иучысыл дзы дæхи фæхъуырдтхъом кæн, стæй уалынджы нæхиуæттæ æрæздæхдзысты æмæ... Хорзау нал фæдæн йæ ныхæстæм. Цыдæр джих- низ мыл бахæцыд æмæ нал дæр сдзурынхъом уыд- тæн, нал дæр мын ацæуын æнтыст. Иуафон ын йæ цæстытæм фемдзаст дæн æмæ æппæт дæ.р бамбæр- 53
стон: уыдон уыдысты хъуыдысæфт, æнæнысан. Зондæххæст адæймаджы цæстытæ нæ, фæлæ уазал авджы къæрттытæ!.. Цавæрдæр тас æмæ уый æм- рæстæджы, æнахуыр цымыдис æвзæрын кодтой лæ- джы зæрдæйы. — Нæ... нæ... бузныг, нæ мæ хъæуы... Æз... æз хæрдджын дæн... Дæхæдæг... — æрæджийау-æрæ- джийау сфæрæзтон зæгъын. — Рацу цæй, цы йæм ныууырдыг дæ. Нæ уы- ныс, цы уавæры ис?.. — мæ цонгыл мын рахæцыд Гæуыс æмæ мæ разæй фæцæуæг. Ницыуал æм сдзырдтон. Цы ма йын хъуамæ загътаин? Усы, йæ къæбæр йæ къухы афтæмæй, фæуагътон æмæ Гæуысы фæдыл æддæмæ рахызтæн. Зæронд лæг, фонтаны цур цы фæхсбандон ис, ууыл бадт æмæ æз дæр йæ фарсмæ мæхи æруагъ- тон. Иу боны-бонцау нæ ничи ницы кой скодта, стæй мæм Гæуыс, æвæццæгæн мæ мидуавæр фæха- тыд, йæ хъуынджын æрфгуыты бынты æрбакаст: — Диссаг дæм кæсынц йæ митæ?.. Уа-диссагæй дæр дзы ницы ис, мæ хур... Ацы дагъытъайладжы хæст бирæ адæмы басаухæдзар кодта. Чи дзы йæ цард фесæфта, чи — йе уонг, чи та йæ зонд дæр... — зæронд лæг исдуг фæхъус, стæй сабырдæрæй адард- дæр кодта: Айразмæ йæм сæ хъæуккаг ус уынынмæ æрбацыд æмæ йын йæ хабæрттæ уымæй фехъуыстон. Цæвиттон, сидзæр чызг уыд, Таплойæ зæгъын, — æнæрвад, æнæмадызæнæг. Йæ ныййарджытæ цы- дæр низауæй амардысты æмæ йæ хъомыл кодта йæ зæронд фыдыфыд. Хъæугæрон, дам, иу зæхбын къæсгонды цардысты. Кургæ къæбæр, æфстау кæр- дзынæй йæ фæхаста йæ зæронд фыд. Уалынджы рахъомыл Тапло æмæ йын æххуысхъом фæцис. Куыстмæ æвзыгъд, цумамæ æнæзивæг, чызджы би- рæ уарзтой хъæубæстæ, — алчидæр æй, хи хъæбу- лау, рæвдыдта. 5«
Фæцис каст Тапло астæуккаг скъола, — ацы ха- бар тæккæ хæсты размæ уыд, — æмæ Ленинградмæ ацыд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. Уым ссардта йæ амонд дæр: кæмдæр æй хорз лæг фæцис, — æн- дæр дзырд, дам, нæ кодтой хъæубæсты, — ахуыр- гонд, афицер. Фылдæр балцыты уыд. Хæст дæр æй фæндагыл æрæййæфта, мæгуыр. «Б»-йы горæтæй фæстæмæ здæхгæйæ, бомбæкалды бахауад æмæ йæ хæдзарыл нал сæмбæлд. Баззад Тапло йæ дыууæ фаззон сабиимæ. Куы- ста цавæрдæр егъау радиозаводы. Иæ удыл нæ ауæрста, фыдæбон кодта сидзæргæс сылгоймаг. Знаг та размæ бырста. Гитлеры лæгсырдтæ, æл- хъивгалмау, горæтыл æрбатыхстысты. Фыццаг би- рæтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, знаг тагъд рæстæджы дæрæнгонд æмæ сырд æрцæудзæн, фæлæ æрхъула- йы цæг æнгомдæр кодта, знаджы хæдтæхджытæ го- рæтыл арæхæй-арæхдæр æппæрстой бомбæтæ. Фæ- дисæй эвакуаци цыдысты заводтæ æмæ фабриктæ. Æхгæд æрцыд Тапло цы заводы куыста, уый дæр: Уралы зæхмæ йæ, кæмдæр, ахастой. Тапло дæр, за- воды иннæ кусджытимæ, хъуамæ фæсчъылдыммæ ацыдаид, фæлæ йæ сабитæй сæ иу тæвднизæй фæ- рынчын æмæ йæ уый бакъуылымпы кодта... Ахуыр лæппу дæ хонынц æмæ дæхæдæг фехъуы- стаис Ленинграды цард æмæ тохы хабæрттæ блока- дæйы дуджы. Хуыцау мауал зæгъæд ахæм хъай- мæт! Бæстысæфт уыд æмæ бæстысæфт!.. Хицауад сын æппæт амæлттæй æххуыс кодта, фæлæ уæддæр бирæ адæм фæцагъды уыцы заманы стонг æмæ уа- залæй. Таплойы дыууæ æнахъомы дæр уæд... Сæ мадæн, мæгуыр, йæ зонд фæкуыддæр, ныгæнын дæр сæ нал уагъта. Дыууæ авдæны астæу, дам, сбадт æмæ, дам, сыл куы зарджытæ кодта, куы хъарджы- тæ. Тыхæй ма, дам, æй баиртæстой йе ’дзард хъæ- бултæй. 55
Уалынджы Сырх Æфсад дæр знаджы цæг атыд- та. Хæлц, уæлæдарæсы эшелонтæ баивылдысты æр- хъулайыуæвæг сахармæ æмæ адæм чысыл сæ уд æрцахстой. Тапло дæр фæсчъылдыммæ æрвыст æр- цыд. Иудзæвгар ын, нæ бæстæйы æндæр æмæ æндæр горæтты фæхосчынди, стæй йæ, хæсты фæуды, йæ райгуырæн хъæумæ æрæрвыстой. Цыма радзæбæх, фæфæстинон. Куыста колхозы. йæ фыдыфыд нал уыд. Сæ зæронд къæс дæр ныккалд, фæлæ йын хъæубæстæ, зиугуыстæй иу хатæн бадзæппытæ код- той æмæ уым æрцард. Тапломæ йæ раздæры зæрдæйыуагæй ницыуал уыд: смадзура, нырхæндæг. Йæ худт, йæ хъазт ын ничиуал фехъуыстаид, адæмы ’хсæнмæ нал цыд. Иуафон-та, — уæд сæ хъæубæстæ Уæлахизы 20- æм азы бæрæгбон нысан кодтой, — æвæццæгæн йе ’дзард бинонтæ, йэс царды æппæт дудгæбæттæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ та йæ зонд фæхæц- цæ. Дохтыртæ дæр æй æххæст нал сдзæбæх кодтой. Æцæг, цыма йæхи æрæмбæрста, фæлæ ма уæддæр стæм хатт афтæ фæвæййы... Уый дын йæ царды ха- бæрттæ, гъе, мæ хæлар!.. — ныуулæфыд Гæуыс æмæ æнкъардгъуызæй адарддæр кодта, — сыхæгтæ, дард хиуæттæ йæм исдуг сæ хъус дардтой, стæй дзы уы- дон дæр, æвæццæгæн афæлмæцыдысты æмæ йæ, мæ- нæ ардæм æрбакодтой... Таплойы хъысмæт мыл тынг бандæвта. Бафæн- дыд мæ исты хорзы йын куы бацыдаин, истæмæй йын куы фæрог кодтаин йæ зæрдæйы маст, фæлæ цы мæ бон уыд?.. — Хуыцау мауал зæгъæд ахæм хъаймæт...— æрæджийау-та сдзырдта Гæуыс, — Блокадæйы рæ- стæджы æз дæр иу дыууæ мæймæ ’ввахс, Ленингра- ды фæдæн æмæ... — Рацу-ма искуы, Садул, цавæр бадт дзы кæ- 56
ныс?.. Æви æз ам дæ джидзæггаг дæн!..—хъара- гъулдоны цурæй мæм рахъæр кодта Хъызылбег. — Цу, цу, акæс æм, — сыстад Гæуыс дæр. — Уый фæхъыг кæныны фæлтау, дæ хуыцауы хайы фæхъыг кæн: къуыридæргъы де ’мгæрæтты нал ацæудзæн... — Ныртæккæ, ныртæккæ, Хъызылхан, фæцæуын дæм!.. — зæронд лæгæй хатыр ракуырдтон æмæ хъарагъулдонырдæм араст дæн. — Гъы, æрдæбон уыцы æдылыимæ та цæуыл ны- хас кодтай?.. — йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд, лæдзæт — йæ дæларм, афтæмæй, каудуары раз хæ- бæццæй лæууыд Хъызылбег. — Кæмæй зæгъыс, Хъызыл?.. — фембæрстон æй, фæлæ йæ уæддæр афарстон æз. — Квишхетагæй дын зæгъын. Ды йæм афтæ ма кæс! — йæ хъуынджын сæр ныттылдта лæппу. — Уымæй æмæ ма ноджы, уæртæ рустауаг усæй фы- дахиндæр сылгоймаг ам нæй. Æдзух æддæмæ сæхи æппарынц. Фыдбылызмæ æмхиц сты. Айразмæ мæм, иу æрдæгæхсæв, квишхетаг чи у, уый дуæрттæ тыд- та. Æз æм расæррæтт ластон æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыдтæн. Хъуамæ йæ балкъонæй равзылдтаин, фæлæ йæ амондæн, Гæуыс нæ хъæлæбамæ райхъал, рацыд йæ палатæйæ æмæ мæ уый нал бауагъта. — Æмæ йæ цы хъуыд, уагæры? Цæмæ дæм цыд æмбисæхсæв? — бацымыдис дæн æз. — Цæмæйзон цы йæ хъуыд... Йæ сæры зонд фæ- цыд æмæ рахау-бахау кæны... Кæрдзын, дам, дын схастон. Цæй кæрдзын мын дæттыс, зæгъын, ацу ныууадз мæ. Йæ амонд уыд æмæ Гæуыс уым фæ- цис, æндæра йын æз кæрдзын цы у, уый фенын код- таин!.. Уæдæй фæстæмæ мæ хатæны дуар æхсæв ми- дæгæй сæхгæнын... Æз Хъызылбеджы фæстаг ныхæстæм мæ хъус рæстæмæ нал æрдардтон. Уый фæстæ куыд рабæ- рæг, афтæмæй, æдзæлгъæды... 57"
— Нæ хъæуы, Хъызыл... Макуы иу бафхæр кви- шхетаджы... стæй иннæты дæр... — раст зæгъгæйæ, ■мæ зæрдæ æрбауынгæг: бамбæрстон, цæй кæрдзын ын хаста ус, уый. — Дæу хуызæн уæйыгæн уыдон цæй февналынты аккаг сты? Худинаг у, адæм цы зæгъдзысты... — Æз дæр ма ууыл ахъуыды кодтон, æндæра... — бабуц йæхицæй лæппу, — ныр, уæртæ уыцы руста- уаг усæн цы чындæуа?.. — цæрæн корпусы ’рдыгæй нæм, гуыбыр-гуыбыр цы зæронд ус æрбацæйцыд, уыйæрдæм йæ лæдзæгæй ацамыдта. — Зæронд ус дæ æмæ дæ палатæйы сбад, цы дыууæрдæм кæныс. Мæ сæр дзы сау уынгæджы фæцис, бон фынддæс хатты лидзы, æмæ кæдæм, уый йæхæдæг дæр нæ зоны!.. — цыма æппæты дæр æз уыдтæн аххосджын, уыйау мæм ныууырдыг: йæ хъуынджын æрфгуытæ кæрæдзийыл нылхынцъ сты, сæнтцъæх цæстытæ сæ къуырфуæтты быгъдулæг кæныпц. — Ма мæсты кæн, Хъызыл, дард нæ ацæудзæн... — Мæсты нæ, фæлæ йын æз ныртæккæ мæ лæ- дзæгæй йæ хус фæрстæ снæмдзынæн!.. — фестад æмæ усы размæ рауад уый. Йæ фæдыл нæ ацыдтæн: зыдтон æй, дзыхæй цы дзуры, æндæр армæй кæй нæ февиалдзæн, — уыцы зæрдæ йын нæй. Зæрдæхæлар лæппу у Хъызылбег. Стæй æнæзи- вæг. Уагдоны уый нæй, зæгъгæ, уæд дзы кусын бæ- рæг фæзындæр уаид. Уæлдай лæггад та зæрæдтæн кæны Хъызыл. Сæ цумагæнæн, сæ тагъд фæдисон уый у. Уыдон дæр æй, сæхирдыгонау рæвдауынц: ’чи армæй, чи дзыхы ныхасæй... ...Зæронд ус ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ дзырд- та Хъызылбегæн. Бæрæг уыд цыдæр дзы кæй домд- та, фæлæ йын ус цас фылдæр лæгъстæ кодта, уыйас -мæстйдæр кодта Хъызылбег. — Ацу, ацу æмæ дæ сынтæджы ныххуысс! Ацы -58
уазалы исты кæндзынæ æмæ дæ стæй мæнæй хъуа- мæ агурой... Ацу дын зæгъын, æндæра мæнæ ацы цым лæдзæгмæ кæсыс, — мæ иу къух, иннæуыл хæ- цы!.. — лæдзæг æм тилы лæппу. Ницæмæ йын æрдардта зæронд ус йе ’ртхъирæн: цыдæр сдзырдта æмæ йæ иувæрсты хъуамæ бахыз- таид. Æз нал фæлæууыдтæн æмæ сæ цурмæ бацыдтæн. — Ауадз-ма мæ... Рустаумæ цæуын... мæ чызг... рагæй йæ нал федтон... — фæлмбадт цæстытæй мæм скаст зæронд. — Ныр æнафон у, мæ мады хай, уыныс — æрта- лынг. Райсом дæ мæхæдæг ахизын кæндзынæн, — баныфс ын æвæрдтон æз. — Ныр-та уал ацу æмæ баулæф. Уый иудзæвгар цæуылдæр фæхъуыды кодта, стæй, хъæрзгæ-хъæрзгæ, цæрæн корпусырдæм араст. Æз æй тыргъы дуарæй бахизын кодтон æмæ фæ- стæмæ æрбаздæхтæн. Æрæгвæззæг уыд. Мигъджын, хъуынтъыз изæр. Мит нæма ’руарыд, фæлæ саузымы уазал уæнгты иннæрдæм хызт. Уæдмæ дзæбæх æрталынг. Æз ма уагдоны алыварс иу зылд æркодтон, стæй хъара- гъулдонмæ бахызтæн, электрон пец сиу кодтон æмæ йæ фарсмæ æрбадтæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд партийы историйæ нын райсом семинар кæй ис: мæ хызынæй цыдæр конспекттæ систон æмæ сæ кæсын райдыдтон. О, хæдæгай, — æз институты ахуыр кæ- нын, боны хайады, изæрæй та ам кусын: иунæг сти- пенди мын æрмæст фатеры мыздæн дæр не сфагко- мид,—цы кæнон, уæдæ!.. Æмбисæхсæвмæ фæбадтæн, стæй рухс ахуыссын кодтон æмæ, æд уæлæдарæс тъахтъиныл æрхуыс- сыдтæн, — хъарагъулы дæр чысыл æрулæфын хъæ- уы, уæдæ!.. Цыдæр фыдфынты хай фæдæн. Тапло йæ фаз- 59
зæттимæ цынæхуызæтты уад мæ цæстытыл!.. Цыма мæ сынтæгыл ныггуыбыр, йæ даргъ, лыстæг цæнг- тæ мæм ивазы æмæ лæгъстæ кæны: — Иу къæбæр мын... иу чысыл къæбæр мын мæ хъæбултæн... Йæ сабитæ дæр, цыма йæ цуры. Сæ мадьГфæд- джитыл ныззæгæл сты æмæ мæм тарст цæстытæй кæсынц. Мæ мидуаты утæхсæн кодтон, фæлæ мын райхъал уæвын не ’нтыст. Æваст мын кæйдæр тæвд комытæф мæ цæсгом асыгъта, кæйдæр уазал æнгуылдзтæ мæ къæмисæн- тыл баныдзæвдысты æмæ фехъал дæн. «Уый... уый сылгоймаг у, æви удхæссæджы сих сылгоймаджы хуызы!..» Цавæрдæр саударæсджын гоймаг мæ уæлсын- тæг æргуыбыр. Йæ ихуазал, лыстæг æпгуылдзтæ мæ цæсгом, мæ дæллагхъуыртыл зилынц. Бæлвырд- æй мæм хъуысы йæ хыр-хыр, йæ уæззау уынæргъд. Усæн йæ сау кæрдæны къабузтæ фæлурс цæсгомы дывæрсты æрдаргъ сты æмæ, уддзыдтау змæлынц. Мæйрухсмæ йæ пыхцыл урс сæрыхил æрттивы... Мæ сурхид акалд. Ныббогъ кæнынмæ мæ бирæ нал хъуыд, æвæццæгæн. Чизоны богъ дæр ныккод- таин, фæлæ мын æнахуыр тасы æнкъарæн мæ хур- хы уадындзтæ æрбалвæста, ныббаста мын ме уоиг æмæ фезмæлын, суынæр кæнын нал уыд мæ бон... Хъуыдысæфт, сæлхæр цæстытæ... Æлхъивгалмы æндзыггæнаг цæстæнгас... Фæндыд мæ, ацы æвир- хъау фенддагæй мæхи фæиртасын, фæлæ мын не ’нтыст. Незамайнаг тъымы-тъыматæй, Талынг Ив- гъуыды тарфæй растад æнахуыр тасы æнкъарæн æмæ мæ æгасæйдæр йæ бæрны бакодта. Цыма мæ зæрдæ ихдоны ныххауд, мæ туг мæ дадзинты ныс- салд — мæ зонды цырагъ, ахуыссынæввонг, рафæ- лив-б’афæлив кодта... — Мæнæ дын... мæнæ дын цыдæр къæбæртæ са- 60
мал кодтон, мæ хъæбул... Ахæр, ахæр, æххормаг мын куы дæ... Тапло!.. Уый Тапло куы у, квишхетаг зæронд ус!.. Калмдзæфау мæ сынтæгæй фæсæррæтт ластон æмæ рухс ссыгътон. Тапло сæргуыбырæй лæууыд мæ разы, йæ къух- ты цавæрдæр тыхтон... Мæ маст æм рахсыст. Хъуамæ йæ йæ гæбазæй феддæдуар кодтаин, фæлæ йын æваст йæ цардип- пæрд цæстæнгасмæ фемдзаст дæн æмæ мæ къух уæлдæфы ауыгъдæй аззад... — Ницы мæ хъæуы... Ницы мæ хъæуы, Тапло, хæрдджын дæн... Ацу, ацу дæ палатæмæ... — йæ цонгыл ын рахæцыдтæи æмæ йæ æддæмæ рахизын кодтон... Бон кодта. Скæсæнырдыгæй, бæлоны базырау фæцъæх, бафæлурс. Уазал райсом уыд. Æрæгвæззæджы уазал рай- сом. Хæхтырдыгæй сур ирдгæ дымдта. Мит нæма ’руарыд, фæлæ саузымы уазал уæнгты шшæрдæм хызт. Дæрддзæф хъæуæй хъуыст уасджыты уасын... Арешперан, 1985 азы 3—6 октябрь АИВГЪУЫДТА УÆ ДУГ... — Æмбæлттæ! Кæд уæм зæгъинаг ницыуал ис, уæд не ’мбырд æхгæдыл банымайæм!..—Хъигъо дзырд куы фæцис, уæд расидтæн æз, — абоны æм- 61
бырды сæрдар, Зæрæдты хæдзары клубгæс, Дане- латы Зарбег, — æмæ залыл мæ цæст ахастон. — Фаг уал фод, хорз фæдзырдтам!.. — Иууыл сæ абон куы зæгъæм, уæд ма æндæр хатт та цæуыл дзурæм!.. — хъазгæмхасæнты сдзырд- той чидæртæ: зæронд, фæлахс адæм, æвæццæгæн иуран бадынæй афæлмæцыдысты, æндæра цас би- рæ рæстæг ахаста не ’мбырд! — Нæ, нæ, мæ фыдыстæн, æз ма хъуамæ иу ны- хас зæгъон!.. — къæсхуыргомау, цырддзаст зæронд йæ бынатæй фестад æмæ, йæ лæдзæг йæ дæларм атъысгæйæ, размæ ракъахдзæф кодта. — Гъе, гъе, дæ бæх та баифтыгътай, Гæуыс, æн- хъæлдæн!.. — Фаг дын у, Дзæгъындзæг, дыууæ хатты ра- цыдтæ ныхасы!.. — фæрæтъызтой йæ чидæртæ. Уый сæ цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау бауад, сценæйы бæстастæу хæбæцц слæууыд, лæ- дзæг йæ дæлармæй æриста æмæ уыцы барджынæй бахуыфыд. Де знаг гæды зæгъæд, мæ зæрдæ бауазал: ацы дзырдмонц та ныхасыл куы схæца, уæд иу абонæй- иннæ абонмæ дæр дзурдзæн, уæлдай номæй йæ Дзæгъындзæг æдзæлгъæды нæ хонынц, мыййаг! А’фтæмæй æз та æнæвдæлоп дæн. Стæп зæрæдтæн дæр сæ сихоры рæстæг æрæввахс, æмæ... — Гæуыс... Гæуыс Бимболы фырт... Æз дæ мадг дæ фыды уазæг, ма мæ байсаф... — куыддæриддæр йæ дзых фæхæлиу кодта, афтæ йæ цуры февзæрд- тæн æз æмæ йын ныллæгхъæлæсæй йæ хъусы ба- дзырдтон, — Гæуыс, тынг тагъд кæнын иу ранмæ æмæ мæ ма ныууром, дæ хуыцаумæ скæс... Дирек- торæй дæр мæхи ракуырдтон. Фæлтау æндæр хатт... —’Æмæ кæдæм цæуыс, уагæры?..—хъуыиджын æрфгуыты бынты мæм æнæууæнкгъуызæй æрбакаст. — Лæппуйы хабар нæ зоныс, Гæуыс? Уæд та ма 62
дын усгур цæуын... — бакъултæ йыл кодтон мæхи: мæрдджын, дам, фæрæзджын, — нæ зонын кæцæй æрбабадт ме ’взагыл. Чи йæ зоны æм’æ цы ахъуыды кодта Гæуыс, фæ- лæ ма мæм иу хатт фæлварæджы каст æрбакодта æмæ стæй йæ къух ауыгъта: — Цæй дæ ныхас фод, нал дзурын... — æмбырд- дзаутæм азылд æмæ зæгъы, — зынаргъ æмбæлттæ! Мæн ма фæндыд, нæ уæлæмхас зæххы фадыгæй ра~ ционалондæрæй куыд спайда кæнæм, уый тыххæй мæ хъуыдытæ зæгъын, фæлæ нæ директор æмæ аг- роном ам кæй не сты, уымæ гæсгæ, фарст иннæ хат- тмæ æргъæвын!.. — бæдæйнаг, зæронд, æмбырддзау- ты раз мæ сраст кодта!.. — Æмæ ды кæм сагроном дæ? Цы ’мбарыс ды та зæххы хъуыддагæн?.. — æрбадзырдта йæм Хъи- гъо — сырхуадул, æбæрæг кары нæлгоймаг, æмæ йæ гæккуыри цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодта. — Чи? Æз?! — фестъæлфыд Гæуыс, — æмæ Ас- тæуккаг Азийы дæс азы хисдæр агрономæй куы фæ- куыстон! Дæу хуызæн дæлæмæдзыдтæ иу минмæ ’ввахсæй мæ дæлбар куы уыдысты!.. Хъигъо ма цыдæр зæгъынхъусæй йæ мидуаты базмæлыд, фæлæ дзургæ ницыуал скодта, — фæ- лывдгъуызæй йæ мидбылты бахудт æмæ иннæрдæм азылд. Нæ уарзынц зæрæдты хæдзары Хъигъойы. Цæ- мæн, уымæн бæлвырд ницы зонын, фæлæ мæхицæн дæр цыдæр æнæад у ацы лæг. Æмæ, ома, æцæг аф- тæ æвзæр адæймаг у Хъигъо?.. Нæ, уый зæгъæн дзы нæй — зæронд лæг цы вæййы, уый у, æндæр... Фæ- лæ йæ сæнтцъæх, хинæй се ’мыдзаг цæстытæ, йæ фæлывд мидбылхудт лæджы зæрдæйы цавæрдæр æппæрццаг æнкъарæнтæ æвзарын кæнынц æмæ йæм уыйадыл алчидæр йæхи тигъ дары. 63
Дзырдтой дзы, зæгъгæ, дам... Æниу, адæм цы фæдзурынц, уый æдзух раст кæм вæййы... Æмбырд райхæлд. Адæм иугай-дыгай æддæмæ ивгъуыдтой. — Зарбег, иннæ дуар дæр ма мын байгом кæн,— къæсæрæй мæм æрбадзырдта Лидæ: зæронд ус ка- ляскæйы бадт æмæ уый та иу дуары нæ цыд. — Бахатыр кæн, цыдæр хъуыдыты адзæгъæл дæн, æмæ... — дывæрсыг дуæрттæ йын уæрæх бай- тыгътон. — Ницы кæны, лæппу афтæтæ фæкæыы... — йе ’нцъылд цæсгом уæрæх мидбылхудты фæйнæрдæм айвæзт уымæн. Æз зæронд усы залмæ баластоп æмæ фæстæмæ æрбаздæхтæн. Клубы ничиуал уыд. Æрмæст ма кæсæндоны (кæсæндои дæр клубы æмкъул, сыхаг хатæны уыд), Хъигъо цавæрдæр журнал фæлдæхта. — Хъигъо, кæдæмдæр цæуын æмæ клуб хъуамæ сæхгæнон. — Табуафси, дæ цæуæнтæ дæхи бар сты, — йæ бур, хъози дæндæгтæ мæм фæзыхъыр кодта уый,— æцæг мæ демæ ныхасаг уыд, фæлæ... — сдзырдта ныллæг хъæлæсæй æмæ мæ фыссæн фынджы раз къæлæтджыныл æрбадт. Бæргæ йæм рамæсты дæн, фæлæ йын цы акод- таин? Сургæ йæ нæ акæндзынæ, мыййаг. Цæй, кæд тагъд адде уаид! Дуар мидæгæй æрæхгæдтон, зæ- гъын, кæсæндонмæ та ма ныттымбыл уой, æндæра ам баззайдзынæн, æмæ йæ ныхмæ бандоныл æр- бадтæн. Уый мæ, æвæццæгæн, æндæргъуызон бамбæр- ста, — разыйы мидбылхудт фæтъæпæн йе ставд был- тыл:> — Раст бакодтай, мæ хæлары къуындзих, къул- тыл дæр хъустæ æмæ цæстытæ ис, къултыл!.. 64
Комкоммæ йæм бакастæн, фæлæ йын йæ цæстæн- гас не ’рцахстон: æрдæгцъынд, фæлывд цæстытæ уадид зæххы сæхи ацавтой. — Хъусын дæм, Хъигъо, цы зæгъдзынæ? — Зæгъгæ-та... — исдуг ферхæцыд, стæй уыцы фæлмасæй, — æрдæбон Гæуысмæ хъуыстай? Чи йæ нæ зоны, уый хæрзаг ма зæгъа, уымæй цæсгом- джын, уымæй æгъдауджындæр дунейыл лæджы фырт нæй!.. Афтæмæй та... — йæ пух, къуыдыркæл- мытау фæлурс æнгуылдзтæ, журнал иуырдæм ас- сыдтой æмæ кæрæдзи мидæг бауадысты. «Ацы къухтæ, æвæццæгæн, куыст, фæлмæцыд никуы зыдтой цард-цæрæнбоиты», — цæмæндæр фегуырд æмæ уадид æрбайсæфт мæ сæрымагъзы, — афтæ- мæй та адæмы зпаг æмæ фыдгæнæг у... — Чи?.. Гæуыс?! — фестъæлфыдтæн æз, — æмæ цы сарæзта, уагæры?.. — Цы сарæзта?.. — йæ гæккуыри цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйлиуырдтой. — Фыддæр ма цы сараза! Колхозы цъеритыл арт бандзæрста æмæ æмæхсæвы сæ хъæуæй фæлыгъд!.. — Æмæ цæмæн... цæмæн бакодта Гæуыс ахæм фыдми? — афарстон æй æргъуыйауæй. — Цæмæн, зæгъыс?.. Дзургæ афтæ кæны, ома, дам, мын сæрдар йæ чызджы иæ радта æмæ йæм уыйадыл маст бахастон, фæлæ... — йæ амонæн æн- гуылдз æвзидæгау батылдта лæг, — фæлæ йæ ра- хæцæн æндæр ран ис, æндæр!.. Гæуыс хицауады ныхмæ фыдракæнд сарæзта æмæ ныр, йæ бакæн- ды аххосаг, колхозы сæрдарыл æвæры. Æндæр цы зæгъа, уæдæ!.. — Æмæ ды... æппæт адæттæ кæцæй зоныс?.. — цыдæр къæзынæг мыл бахæцыд æмæ ме ’муд нал æмæ нал цыдтæн. — Кæцæй?.. — фæсыкк Хъигъо, — иухатт мын сæ сыкъадзæфæй йæхæдæг ралæхурдта... Уæд ма иу 5. Тедеты Р. 65
палатæйы цардыстæм. Мæ цæсты сындз фестад уæ- дæй фæстæмæ, фæлæ йæ абоны онг никуыма схъæр кодтон. Куыддæр æй мæ цæст нæ уарзта. Ныр æй, мæнæ дæуæн зæгъын. Зондджын лæппу дæ, ахуыр- гонд æмæ ацы хъуыддагыл иумæ æртæрхон кæ- нæм... — йæ фиуæвæрд цæстытæ мæм ныр та кæ- нынц фæлгъауæджы каст: алæ-ма, цы зæгъдзæн, цы хъуыды кæны?.. Цыма мын ме рагъæй бæхуаргъ æристæуыд, уыйау æхсызгонæй сулæфыдтæн: «Кæд ма уыд æмæ фыдгæнæг йæ фыдгæнды хабар афтæ æргом дзура, уый дæр Хъигъойы хуызæн лæгæн!.. Стæй дæр Гæ- уыс... Нæ, нæ, цы-фæнды дæр дзы зæгъ, фæлæ ахæм хъуыддаг нæ бакæндзæн!..» — Дæхæдæг та куыд хъуыды кæныс? Куыд ын бакæнæм?.. — къахæджы фарст æй кæнын. — Куыд цы?! — тæвд цæкуыйау фесхъиудта уый. — Ахæмтæн куыд кæнгæ у, уый нæ зопыс? Иу гæххæтт ыл ныххыррытт кæн æмæ... — О, фæлæ... уæд та ма ницыгæнæг у уыцы Гæ- уыс?.. Чизоны æмæ хъазгæйæ дзырдта, нæ нын зо- ныс йе ’гъдау?.. Стæй дæр, уартæ кæд уыдис уыцы хабар. — Кæд-фæндыдæр ма уæд, цы нысаниуæг ын ис!.. — йæ нарст цæсгом туджы разылд, бурбын да- дзинты тæгтæ йыл бæрæгдæрæй разындысты, — йæ чъизи цæсгом нырмæ кæй нæ раргом, уый дæр не ’гуыдзæджы фæстиуæгæн у!.. Дæуæн нæ зонын, фæ- лæ æз ацы хъуыддаг афтæ нæ ныууадздзынæн!.. «Ай-ай дæр, ацы лæг афтæ ’нцонтæй’не ’рлæу- дзæн. Истыхуызы йæ æрсабыр кæнын хъæуы, ца- лынмæ хъуыддаджы æцæгдзинад не сбæрæг код- той, уæдмæ. Æндæра, иугæр адæмыл куы атауыс уа, уæд... Æнæаххосæй, лæгыл ахæм «дам» сæвæ- рын тугтæригъæд у...» — ахъуыды кодтон æз. Цæ- 66
мæндæр мæ фидарæй уырныдта Гæуыс кæй ницы- гæнæг у. Иæ сæрыл дæр уымæн афтæ хæцыдтæн. — Æниу мæ ныр цынæ уадзы. Сымах кæд нæ тыхсут, уæд æз, мæнæ иу къуырма зæронд дæн, æмæ... Мæхимæ йæ цæмæн хъыг кæнын... — куыд- фæндыйæ ауыгъта йæ къух æмæ ныссабыр. Уый дын хабар, гъе! Лæг нæ, фæлæ цæстфæл- дахæг! Ныр цалæм хатт аивта йæ ныхас. Йæ хъæ- лæсыуаг дæр фæлмæн, æрхæндæггъуыз,—цыма йæ дзырдтыл фæсмон кæны. Нæ йыл баууæндыдтæн. Æвæццæгæн мын йæ фæлтæрд зондæй мæ хъуыды фембæрста æмæ уы- мæн дзырдивæн акодта ацы зæронд рувас. Ныр су- сæгæй кæндзæн йæ саувæнд!.. Иучысыл ма абадт Хъигъо. Иæ разы журнал рафæлдах-бафæлдах кодта. Стæй уæззаугай сыс- тад, бандон иуварс баифхæрста æмæ дуарырдæм фæцæуы. — Хъигъо... уæд та уал æй бæстон сбæрæг код- таиккам, æмæ стæй?.. — зæгъын, чысыл ма йæ ис- тыхуызы фæуромон, кæд уæдмæ исты мадзал æрæ- мысин. Уый цæмæндæр арф ныуулæфыд, æлхынцъæр- фыгæй мæм æрбакаст: — Хорз, хорз, мæ хæлары къуындзих, æз дæр уый куы зæгъын, бынтондæр æй ныхъхъуытты уа- дзæм. — Зарбег, ам дæ, цы? — æваст чидæр дуар æр- бахоста. — Æз ам нæ дæн!.. Ды мæн нæ федтай!.. — кæ- сæндоны смидæг Хъигъо æмæ дуар йæхиуыл рах- гæдта. — Мидæмæ, Гæуыс, ам дæн... — дуар ын бакод- тон æмæ лæг мидæмæ æрбахызт. — Дæхиуыл дуæрттæ цы ныхгæдтай, лæппу? 6?
Æви мын чындздзон чызг дæ æмæ аскъæфынæй тæрсыс?.. Фефсæрмы дзы дæн. Хæрзаг зæгъы, йæхи мын сынæвдæлон кодта æмæ ныр бады. Цыдæр æфсæнт- тæ йын акодтон, фæлæ мæм уый хъусгæ дæр рæст- мæ не ’рбакодта: — Гъа, мæнæ дæ чингуытæ. Æмбæрзæны зыхъы- рæй дæ ауыдтон æмæ, зæгъын, æххæст дæм сæ ба- давон, — фæрсагдуары ’рдæм мын сæрæй ацамыд- та. Æз чингуытæ райстон æмæ сæ фынджы тигъыл æрæвæрдтон. — Зæгъын-ма, кæд дæ каистæм нал ауæндыд- тæ æмæ уый тыххæй лæууыс ам?.. — бахудт зæронд. Диссаг у Гæуыс куы фæхуды, уæд. Фæхудынц канд йæ тæнæг былтæ нæ, фæлæ йæ цæсгом æга- сæйдæр, æмæ ма, æгæрыстæмæй йæ тæнтъихæг, мæллæг уæнгтæ дæр цыдæр худæджы змæлд фæ- кæнынц. Ныр дæр та йæ тымбыл цæсгом, фых фæткъуы- йау æрбампылд, урсхæццæ пыхцыл æрфгуытæ, æр- тæкъуымонæй ныхы тарвазмæ сысхуыстой æмæ йæ саунæмыг цæстытæ хæлары ’рттывд кæнынц. — Тæрсгæ та цæмæй кæнын, — йæ ныхас ын ай- стон æз дæр, — нæ ратдзысты сæ чызджы æмæ — скъæфгæ! Нæ фыдæлты æгъдау нал зоныс?.. — Скъæфгæ?.. Гъе уый дын мæ зæрдæмæ цæ- уы!.. — худы Гæуыс. Абон цыдæр дзæбæх зæрдыл у. — Скъæфæгæмбал дын — мæхæдæг! — Нæ, Гæуыс, ды мын æмбалæн нæ бабæздзы- нæ. Уыцы скъæфæгæй уал дзы уæд фыццаг дæхио- ны аскъæфтаис... — Кæмæй зæгъыс, кæ?.. ^- Уæ колхозы сæрдары чызгæй... — суагътон æм мæ цæсгом. Ныр искæцæй Хъигъомæ бакæс. Æвæццæгæн, 68
æгасæй хъустæ æмæ цæстытæ фестад. Гъе-та мæ йæхинымæр, мæ дзæгъæлдзыхы тыххæй, æлгъиты. — Гъм, куы ницы йын хъуыды кæнын... Ахæм дзы, цыма ничи уыд... — Гъæй, гæмми рувас, иухатт ма колхозы хол- лæгтæ дæр куы басыгътай йæ сæрдар фыды фыдæ- нæн!.. — хъазгæмхасæнты йыл ныххуырстон ком- коммæ. Гæуыс исдуг фæджих, стæй йæ дзыхыдзаг ны- къæл-къæл кодта: — Гъей дæ мард фесæфа, Хъигъо, кæд дæ цытæ нæ бауырнынц!.. Ай дын мæ къух, кæд уый æвза- гæй нæ дзурыс!.. А-змæджы, иумæ-ма куы царды- стæм, уæд-иу ын алы ирхæфсæн ныхас кодтон. Уæ- дæ уыцы даргъ æхсæвтæ цыхуызы бацыбыр кодта- ин?.. Уый та... уый та, колхозы цъеритæ, дам... ха- ха-ха!.. — йæ худыпдзæг та фæкъæртт лæгæи,— колхозы... хъæуты, мæ цард-цæрæнбонты, никуы цардтæн. Горæты райгуьфдтæн æмæ мæ мæлæт дæр, мæнæ ардæм æрхастон. Уый та... гъей, дзеудзæлæй, Хъигъо, гъей!.. — нал æмæ нал æнцад зæронд. Мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æз дæр. Æхсыз- гон мын уыд хъуыддæгтæ афтæ кæй разылдысты, уый. — Уæдæ Астæуккаг Азийы хисдæр агрономæй дæр никуы куыстай, Гæуыс?.. — иучысыл куы ’рса- быр, уæд æй афарстон æз. — Гъе, уый та мæхи хъуыддаг у!.. — йæ булкъ- даст рихиты бынуат адаудта зæронд, — уый ацы хабармæ ницы бар дары!.. Цæй, æз цæуон, ныффæ- стиат дæ кодтон, — сыстад, йæ лæдзæг йæ дæлармы акодта æмæ дуарырдæм фæраст. — Колхозы цъеритæ, дам... ха-ха-ха!.. Æтт, дæ бон ныччифай, Гæуыс, кæд дæуæн Хъигъойы хуы- зæтты асайын, гæнгæлыйæ уæлдай нæу!.. — къæ- 69
сæргæрон ма иу хатт бачыр-чыр кодта æмæ æддæ- мæ ахызт. Йæ уæлвæд Хъигъо дæр кæсæидопæй рацыд, мæ разы æрбалæууыд æмæ йе ставд былтæ астæрдта: — Гъы, кæсыс, йæхи куыд рæстытæ кодта! Ахæм- тæн се ’взаг — се ’мцæдис: фурды астæуæй дæр су- рæй сгæпп ласдзысты! Фæлæ йын ацы хатт æз йæ фыдракæнды тыххæй дзуапп радтын кæндзынæн. Ахæмтæн мах 30-æм азты... — Хъигъо, — загътон ын æз сабыр, æндыгъд хъæлæсæй.— Хъигъо, ды æнæуаг æмæ цъаммар адæймаг дæ. Дæу хуызæттæ хъуамæ ма цæриккой зæххыл. Уымæн æмæ сымах зианхæссæг, æппæрц- цаг фæзынд стут æхсæнады... — Ды... ды... цытæ уæндыс мæнмæ?.. Æз дæу хуызæн хъуымызбылты!.. — сысхъиудта, стæлфыд йæ мидуаты лæг. — Ацу! — загътон ын æз фидар æмæ тызмæ- гæй. — Ацу ныр, Хъигъо, æмæ дæ къæхтыбынмæ дæр куыд никуы иыуулæфай дæ хахуыртæ. Афтæ хуыздæр уыдзæн... дæхицæн... Лæг цæхгæр фæзылд æмæ дуарырдæм, згъорæ- гау, акодта. — Ехх, цы уын зæгъон," ныр!.. Хъуамæ мæ рæ- стæджы æрхаудтаиккат мæ къухмæ, æмæ уын æз... — къæсæргæронæй ма иу каст фæкодта æмæ феддæдуар. Ацы хатт йæ цæстытæ уыдысты фыдæх æмæ та- сæй семыдзаг. Ахæм цæстæнгас ма вæййы æвæццæ- гæн, стонг бирæгъæн дæр, зымæгон хъызт æхсæвы йæ фыййауы куыйтæ дарæнæй куы расурынц, æмæ нард амæттаджы бæсты, йæхи сæр дæр йæ кой куы фæвæййы, уæд. —1 Нагъ, Хъигъо, нагъ! Аивгъуыдта уæ дуг!.. 70
УРС БАЛТÆ — Ам цы бадыс ды та? .Палатæйы цæуылнæ дæ? — бæрзондгомау, гуырвидауц чызг, йæ сины сæртыл хæцгæйæ, каудуары цур лæууыд æмæ æл- хынцъæрфыгæй каст Хатуйы ’рдæм. — Æмæ дзы цæмæ цæуын, ам ма сатæджы уæд- дæр дæн, — йæ былтæ йыл акъуырдта уый. Дзæбæх чызг у Ингæ, хæларзæрдæ, æмгаруар- заг, фæлæ йæм иу æвзæр миниуæг ис: йæ уд, йæ дзæцц у искæмæн зæндтæ амонын, ахисдæриуæг кæ- нын. Радгæс куы вæййы, уæд дзы бафæлмæцынц ахуырдзауæй, кусæгæй. — Дæ уроктæ зоныс? — йæ цонгыл баст сырх хæцъилы уадздзаг бараст кодта чызг. — Сахуыр сæ кæндзынæн, абон хуыцаубон куы у... — радгæсы нысанмæ фемдзаст æмæ ма йæ ны- хасмæ афтыдта, — сихоры фæстæ палатæмæ схиз- дзынæн æмæ сæ уым сахуыр кæндзынæн... «Радгæс дæ æмæ хæрæндонмæ дæ хъус дар, сыгъ- дæгдзинадмæ, лæппутæй къæбæда митæ мачи кæ- нæд, уый йеттæмæ дæ мæ уроктæм цы хъæуы? Исты мын ахуыргæнæг дæ!..» — рамæсты йæм Хату, фæ- лæ æргом ницы суæндыд. Ингæ ма исдуг йæ мидуаты аралæу-балæу код- та, æвæццæгæн ма исты къухбакæнæн агуырдта Хатумæ, фæлæ уалынджы цады ’рдыгæй кæйдæр цъæхаст фæцыд, йæ уæлвæд та сабиты хъæр-хъæ- лæба æмæ уыцырдæм атындзыдта. — Фæлæуут, гауыртæ, æз уын!.. Хатумæ цад нæ зынд: парчы назбæлæстæ йæ æмбæхстой. Лæппу æргуыбыр кодта æмæ бæлæсты ’хсæнты акаст фæстæмæ—нæй, ницы йæм зыны! «Цымæ чи хыл кодтаид?.. Иу дзы Сережкæйы хъæлæсы хуызæн уыд...» — исдуг афæнд кодта лæп- пу йæ разы хиаразгæ хъæдын уæрдонмæ æрхизын, 71
(цалынмæ уагдон ног коляскæтæ истаид, уæдмæ уал ын æй хисдæркар лæппутæ æрмадзы сарæзтой) æмæ исты амæлттæй цады цурмæ ныфтын. Фæлæ уæдмæ хылгæнджыты хъæлæба нал райхъуыст, — æвæццæгæн сæ радгæс баиргъæвта. «Райсом та кæмæндæрты сæ хъуын-хъис азгъал- дзысты, Ингæ сæ æвыдæй ма ныууадза! — хъуыды- тæ кæпы лæппу, — фæлæ уæддæр чи уыдаиккой? А-Сережкæйы дæлимон та дзы мацы хайад истаид, уый мæ нæ уырны. Кæд афтæ, уæд та изæры рад- гæс-хъомылгæнæгмæ хъус!..» Йæ хæлар у Сергей Хатуйæн. Хуысгæ дæр иу палатæйы кæнынц фæрсæй-фæрстæм. сæ бадт, сæ цыд æдзух иу у. Чысыл раздæр дæр ма ам йæ фарс- мæ бадт, фæлæ йын стæй чердæмдæр æрбадæлдзæх. Æрбахизæны, æфсæн каудуарæй суанг цæрæн корпусмæ, уæрæх уынгвæндаг атъанг æмæ уагдоны парк дыууæ хайыл фæдих кодта: рахисæрдыгæй — стыр хай, галиуæрдыгæй — чысыл. Хонгæ дæр сæ афтæ кæнынц: Чысыл æмæ Стыр парк. Чысыл парк сосæвæндагмæ æввахсдæр у, суанг каугæронæй райдайы. Фæндагмæ йæ акæсæн дæр — хуыздæр. Бирæ уарзы ацы бынат Хату. Сæрибар рæстæг æдзух ам фæбады. Райсом дæр та, аходæн куы бахордта, уæд ын йæ уæрдоп ардæм æрбатылдта Сережкæ. Лæппу, йе ’рдхорды æххуысæй, æндзал- мын, иувæхсыг бандонмæ схылд æмæ уæдæй фæ- стæмæ бады ам, æфсæн кауæмбондæй кæсы æддæ- мæ, фæндагмæ. Нырма райсом у, фæндагыл — дзæвгар цæуджы- тæ, — хуыцаубоп у абон: чи базармæ тындзы, чи — дуканитæм. Хъæуы сылгоймæгтæ хъæзæйбыд къа- латиты æмæ хызынты хæссынц глыгъуызон дыргъ, халсар, хæдзарон мæргътæ. Фæзыны се ’хсæн нæл- гоймæгтæ дæр. Уыдон фылдæр фос уæй кæнынмæ, гъе та æлхæнынмæ цæуынц. Чи та — хиирхæфсын- 72
мæ, исты ануазыны тыххæй. Ахæмтæн сæ бакаст æн- дæр у: уыцы æвдæлон, бæрæгбонгъуыз вæййынц. Бады Хату дæр цъæхахуырст, къуылых фæхс- бандоныл æмæ сæм сусæг-æргомæй йæ цæстызул дары, йæхи ирхæфсы бæлццон адæмыл, уæдæ цы кæна? Мæгуыр лæппу у Хату, аиппджын. Уымæй дæр сидзæр. Æхсæз азы йыл куы ацыд, уæд цавæрдæр низæй фæрынчын æмæ астæуæй дæлæмæ йæхи нал систа, йæ къæхтæ бандзыг, бахуыскъау сты. Иу фыдбылыз, дам, иннæйы йæ фæдыл сыфцæй ласы, мæнгæй нæ акæнынц: йæ мад æмæ йæ фыд, уæдмæ дæр мæнæ хъæрмуд нæ уыдысты. Ныр сæ хъæбулы рынчын ноджы бацырв кодта æмæ кæрæ- дзийæн кард æмæ фыд фестадысты. Æрвылбон загъд, хъæлæба, ’хъæубæстæ-иу сæм æрыхъуыстой. Æппынфæстаг йæ фыд сыстад æмæ иурагуалдзæг цалдæр лæгимæ Сыбырмæ афардæг. Æхца кусын- мæ, дам, цæуын. Рацæй-рабон æмæ йæ усмæ фы- стæг æрæрвыста, æндæр амонд, дам, ссардтон æмæ, зæгъгæ, мæнмæ мауал æнхъæлмæ кæс! Даройы дæр æфсон фæцис, иу-чысыл абогътæ, акуыдтытæ кодта æмæ стæй йæ цæгатмæ тæргай алыгъд. Сывæллоны йæ зæронд хицау æмæ куырм æфсины ’вджид ныууагъта: сымах мыггаг, дам, хæссы æмæ, дам, æм кæсгæ дæр уæхæдæг кæнут! Куыд кастаиккой рынчын лæппумæ зæронд фыд æмæ Æна, сæхæдæг даринаг æмæ кæсинаг куы уы- дысты, уæд? Иу афæдзы бæрц фæутæхсæн кодтой йемæ, стæй зæрзид Дада йæ урс сæр дыууæ къухæй пыххоста æмæ йæ иунæг фырт.ы æнамонд зæйц цæнкуыл си- дзæрты сабидонмæ æрбакодта. Фыццаг рæстæджы-иу æй арæх абæрæг кодта йæ фыдыфыд, фæлæ йæм а-фæстаг æртæ азы ни- куыуал уыд, æвæццæгæн нал ис... Фарон сæрд сæ* 73.
хъæуккаг лæг цæйдæр хъуыддаджы фæдыл ардæм / æрхауд, (æнхъæл дæн, йе ’мбал ам куыста æмæ уый агурæг уыд), æмæ йын уый рахабар кодта, йæ зæронд фыд цæуынтæн кæй нал у, йæ уат кæй нал исы... Бирæ фæкуыдта уæд Хату. Æцæг, æргом нæ, — ныр лæг у, дыууадæсаздзыд æмæ худинаг цы у, уый æмбары, уæдæ... Сæ хъæуккаг лæг ын ахъаззаг фефхæрдта йæ ныййарджыты, уæлдайдæр та йæ мад Даройы. Уый, дам, мад нæ, фæлæ дурзæрдæ налат сылыстæг у, æндæра, дам, йæхи амонды сæрвæлтау, йæ хъæбу- лыл йæ къух куыд систа! Бæргæ хъыг уыдысты йæ ныхæстæ Хатуйæн, фæ- лæ цы кодтаид? Æмбæрста йæ мид-зæрдæйы, рæ- стытæ кæй зæгъы сæ хъæуккаг æмæ йæм цы хъуа- мæ сдзырдтаид?.. Бирæ уарзы йæ ныййарджыты Хату. О, уæддæр сæ уарзы. Уæлдайдæр та йæ мад Даройы. Уарзы æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы. Æцæг, йæ хуызтæ дæр рæстмæ нал лæууынц лæппуйы зæрдыл, фæлæ уый цы давы? Мад уæддæр мад у, иунæг йæ афтид но- мæй дæр, уæдæ!.. Дысон æй фыны дæр федта. Цыма йæм ардæм, сабидонмæ, æрбацыд. Фæцинтæ, фæтыхстытæ йыл кодта. Стæй йын йæ хызынæй армыдзаг урс балтæ систа. — Айс, ахæр дзы, мæ лæппу, бирæ сæ куы уар- зыс... Раст цыма фыны нæ, фæлæ æппæт дæр уацæ- джы уыд, уыйау йæ цæстыты раз лæууынц ныртæк- кæ дæр Хатуйæн: гæзæмæ бурбын, æнгузыстæвдæн балтæ, — хуры тынтæм, налмас фæрдгуытау, хъа- зынцл. — Ахæр, ахæр мæ лæппу... Иухатт ма йын йæ гуырæнбонмæ дæр раст ахæм 74 I
балтæ балхæдта гыцци. Никуы ферох уыдзæн уы- цы бон Хатуйæ. Куы фæрынчын, уый хæдразмæ уыд. Æхсæз азы йыл æххæст кодта уæд. Йæ фыд ын ног фæлыст æмæ егъау сырх порти балхæдта. Мад та — алыгъуызон адджинæгтæ, балтæ... О, цæ- мæндæр дзы йæ зæрдыл æрмæст балтæ бадардта Хату. Фыррæгъæдæй бурбын, урс балтæ!.. Куыд ад- джын, куыд хæрзад уыдысты!.. Ныр дæр ма сæ ад нæ рох кæны Хатуйæ... — Федта, йæ фындзы туг ын акалдтон!.. — æнæнхъæлæджы йæ уæлхъус февзæрд Сережкæ. — Уый дын къуылых дзынга, гъе!.. Кæд ма дыккаг хатт бауæнда!.. — Кæимæ фæхыл дæ, Сережкæ, кæ?.. — Кæимæ?.. Акимимæ, æндæр кæимæ! — йæ фындз сфуртт кодта уый. — Кæцы Акимæй зæгъыс? — сабидоны дыууæ Акимы уыдис: сæ иу — цъерихъилау даргъ æмæ мæллæг, иннæ — ныллæггомау, фæлæ сæвджынтæ- конд, уæлдай номæй ма йæ сохъхъуыр дæр хуыд- той, йæ иу цæстæй рæстмæ кæй нæ уыдта, уый тых- хæй. — Кæцы, кæ, Сохъхъуырæй! Чысыл Мишикы надта æмæ æз йæ сæрыл рахæцыдтæн. Уый та мын фидистыл схæцыд. Æмæ йæ æз искуы Сохъхъуыр схуыдтон?.. Зæгъ-ма схуыдтон æй?.. — ныууырдыг Хатумæ. — Никуы, фæлæ... А-Мишик йæхæдæг дæр фыд- уаг у, чизоны æмæ йæхи аххос дæр уыдис. — Чизоны, — сразы Сережкæ, — фæлæ мын къуы- лых дзынга уæддæр ма хъуамæ загътаид, Аким. Ау, æз ын искуы бафидис кодтон! — чысылгай йæ маст æрысыст лæппуйæн. — Ингæ дæ хъомылгæнæгыл сардаудзæн, — ба- фиппайдта Хату. — Сардаудзæн, — сразы Сережкæ, — æнæмæнг- 75
дæр сардаудзæн... Фæткъуы дæ нæ хъæуы?.. — йæ дзыппæй дыууæ фæткъуыйы систа æмæ дзы иу Ха- тумæ балæвæрдта: — Айс, тынг хæрзад сты. — Чи дын сæ радта, Сережкæ? — æввахсдæр æм бабадт лæппу. — Лентъоты фæткъуытæй сты. Тæккæ фæндаг- гæрон зайынц... — цыма сæ йæхи сæрмагонд дыргъ- донæй ратыдта, уыйау æнæмæтæй сдзырдта Се- режкæ. — Исчи дæ мардзæн, Сергей. — йæ сæр банкъуы- ста Хату. — Цæй тыххæй? Дыууæ цъæх фæткъуыйы тых- хæй? — фæхъыг лæппу, — уанцон нæу! Нæ хъа- рагъул Гиглайы загъдау, цъархъуынайы дуг куы- нæ ’ркодта, мыййаг!.. Цом, æз дон ануазон æмæ ныртæккæ фездæхдзынæн, — сыстад Сережкæ æмæ парчы астæу фонтанырдæм ачиудта. Æрдзæй аиппджын рахаста Сергей: йæ галиу уæхск иннæмæй дæлдæр, галиу къах дæр цыбыр- дæр, — цæугæ-цæуын йæ зæвæт зæххæй уылынджы бæрзæнд вæййы. Æнæуый — хуыцауы къахæргæв- дæг кæй фæхонынц, раст ахæм. Цы нæ фыдбылыз, цы нæ фыдуаг ми дын ацараздзæн. Иу хъомылгæ- нæг сæрмагонд йæхицæн хъæуы. Хату иунæгæй баззад. Йе ’ргом та фæндаджы ’рдæм скодта: йæ цæстæнгас ирхæфсы бæлццон адæмыл. — Гыцци, къаффеттæ мын балхæндзынæ?.. чы- сыл чызг, сырххъулон, цыбыр къабайы, гæппытæ- гæнгæ, æрызгъоры йæ мады разæй. — Сындæг цу, къæбæда! Кæдæм тындзыс!.. — фæхъæр ыл кодта мад, фæлæ уадид йæ зæрдæ фæ- фæфæлмæн, — балхæндзынæн дын, мæ къона, уæ- дæ дын нæ балхæндзынæн. Къаффеттæ дæр æмæ дзабыртæ дæр. 76
— Сырхытæ-иу мын балхæн, гыцци. — Хорз, мæ къона, хорз... Усæн йæ къухы уыд æртæ карчы, сæ къæхтæ кæ- рæдзимæ хæцъилы гæппæлæй баст. Сæ дыууæ дæр Хатуйы ’рдыгæй фистæгвæндаг- мæ æрбахызтысты. Чысыл чызг æм йæ цымыдис цæ- стытæ ныццавта: — Гыцци, уæртæ уыцы лæппуйæн йæ къæхтæ риссынц? — 0, мæ къона, о, кæсгæ йæм ма кæн, худинаг у, — йæ кæрчыты баст иниæ къухмæ раивта сыл- гоймаг. — Æмæ ам та цæмæн ис? — Хатуйы раз æрлæу- уыд чызг, — æвæццæгæн ын мад нæй, нæ?.. — О, æвæццæгæн ыы нæй, мæ къона. Рацу, цæй, цы йæм ныууырдыг дæ, — чызджы цонгыл рахæцыд мад æмæ уый дæр æвæндонæй араст йæ разæй. Хатуйыл цыма нхдон æрбакалдæуыд, уыйау фæ- цис. Йæ зæрдæ йын чысыл чызджы ныхæстæ ба- къуырдтой. «Æвæццæгæн, дам, ын мад нæй!.. Ау, мад та мын куыд нæ ис?!» Ай-айдæр, ис ын мад æмæ фыд дæр! Æцæг æм цæугæ нæ кæнынц, фæлæ уый цы давы? Хатуйы фидарæй уырны, искуы уæддæр кæй фембæлдзы- сты. Дысон æм йæ мад фыны куыд æрцыд, афтæ йæм искуы æцæгæйдæр кæй æрцæудзæн. Чизоны йæ фыд дæр... Æрцæудзысты æмæ йæ акæндзысты семæ, цæмæй æдзухдæр иумæ уой!.. Ай-айдæр, уы- цы хабар фидарæй уырны Хатуйы!.. Чысыл чызг ма фæндаджы фæзилæнæй иу хатт фæстæмæ фæкаст æмæ йæ мады фæдджи райвæзта: — Гыцци, уæлæ Даро дæр æрцæуы... — Цом, цом, мæ къона, уый дæр нæ æййаф- дзæн!.. — мад æмæ чызг фæзилæны фæаууон сты. Лæппу уæлæмæ, фæндаджы ’рдæм, акаст: асæй 77
рæстæмбис, саулагъздзæф, æвзонг сылгоймаг, уаг- доны ’рдæм фæкæс-фæкæсгæнгæйæ, дæлæмæ æрцæй- цыд. Йæ сæрыл — игæргъуыз цыллæ сæрбæттæн, фæскъæбут æлхъывдбастæй, (раст-иу гыццийæн дæр афтæ баст уыд), цыбырæлвыд, гæзæмæ къæ- бæлдзыг дзыккутæ зынынц йæ бынæй. Усæн йæ къухы уыд хъæзæйбыд егъау къалати. Æвæццæгæн, афæлмæцыд йæ хæссынæй: иу къухæй йæ иннæмæ арæх аив-аив кодта. Цыдæр зонгæ фæкаст йæ уæнгты конд, йæ аз- мæлдæй Хатумæ, фæлæ цы, уый нæ ахаста йæ зонд æмæ йæм хъуыдывæйлыдæй нымдзаст лæппу. Сыл- гоймаг дæр-иу æм аивæй æрбакаст æмæ уыцы ха- бар ноджы зæрдæдзурæнты кодта лæппуйы. Уыдис ыл джиппæйфыст, æдгуыр къаба æмæ дæрдджын бур туфлитæ. Бæрæг уыд, царды зын- дзинæдтæй йæм дзæвгар кæй æрхауд: йæ къæсхуыр, гæзæмæ дæргъæлвæс цæсгом æнафоны æнцъылд- тæй фæауæдзтæ, уæхсчытæ размæ фæгуыбыр сты. Фæлæ уæддæр йæ бакаст уыд сæрæн, цæрдæггъуыз. Æнтæф бон уыд. Хур бæндæнбæрц йеттæмæ нæ- ма суад арвыл, фæлæ ныридæгæы йæ судзгæ тынтæ алфæмблай арт æфтыдтой. Сылгоймаг дæр, æвæц- цæгæн, стыхст, йæ ныхы хид-иу сæрибар къухы уæ- лармæй асæрфта. Хатуйæн цыма хин счынди, уыйау æм джихæй кæсгæйæ баззад. Цавæрдæр æнахуыр æмæ йæм æх- цон хъуыдытæ æвзæрын кодта ацы æнæзонгæ сыл- гоймаг, кæмдæр æй цыма уынгæ дæр фæкодта, фæ- лæ кæм? Æви йæ уый йæ цæстытæ сайынц? Хуызæнæй-хуызæнмæ, дам, лæг амардæуыд!.. Сылгоймаг æм куыд æввахсдæр цыд, афтæ йæ къахайст сындæгдæр кодта. Хатуйы размæ куы ’рхæццæ, уæд бынтондæр æрлæууыд. «Чи у ацы æнахуыр ус?.. Цы мæм кæстытæ кæ- ны?!» — схæццæ сты йæ хъуыдытæ лæппуйæн. Иу 78
каст сылгоймагмæ кодта, иннæ — йæ къухы цы егъау къалати уыд, уымæ. Къалатийы сæр цы газет æмбæрзт уыд, уымæн йæ кæрон фесчъил æмæ йæ бынæй урс балты цупал рагудзицц кодта... Æваст йæ дысоны фынтæ йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты æмæ йæ чысыл зæрдæ риуы къултæ ра- цæйтыдта: «Гыцци!.. уый, æвæццæгæн, гыцци у æмæ мæ уынынмæ æрцыд!.. Бакастæй дæр уый æнгæстæ куы у, йенырмæ йæ куыд нæ фæхатыдтæн!.. Стæй йæ ном дæр... О, æрдæбон æй чысыл чызг Даро куы схуыдта... Æцæг, цыма гыцци гæзæмæ бæрзонддæр уыдис, фæлæ уæдæй дзæвгар рæстæг рацыд æмæ адæймаг та, азæн хуызивæн кæны... — райы, зары йæ зæрдæ фырцинæй, фæлæ йæ амондыл æххæст нæма ’ууæнды лæппу.—Уæд та ма гыцци нæу...» — Мæ хъæбул... уæ дуар куыд кæнгæ у, нæ мын комы... — æфсæн æндзæлмтты ’хсæнты йæ къух æр- батъыста, архайы каудуар бакæныныл. — Дæлдæр... чысыл дæлдæр ис йе ’вдузæн... «Йæ хъæбул мæ схуыдта, гыцци, гыцци у, æнæ- мæнгдæр!..» — фырцинæй ныццæлхъ ласта йæ зæр- дæ. Иæхиуыл схæцыд, цыма усы размæ балидзын- мæ хъавыд, фæлæ йæ æндзыг къæхтæ не сфæрæз- той æмæ йæ мидбынаты æнæбары базмæлæгау кодта. Ус æм хæрзæввахс бацыд, йæ пыхцыл бецыкк ын армытъæпæнæй рæвдаугæ адаудта, цæссыгбадт, хъоппæг цæстытæй йын ныккаст йæ къæсхуыр цæс- гоммæ: — Мæ хъæбул... «Гыцци!.. Мæхи гыцци!..» — чысыл ма бахъæуа, ныббогъ ласа Хату йæ хъæлæсыдзаг, фæлæ æваст цæмæндæр ферхæцыд, цыдæр ын фæцауæзта æваст йæ уды цъæхахст æмæ йæ дзырдтæ йæ былалгъыл асалдысты. 79
— Мæ хъæбул... айс, бахæр, адджын балтæ сты... Базармæ сæ хæссын, уæймæ... Цы кæнон, сидзæрты хицау дæн... дæ цахъхъæнтæ мын чызг æмæ лæп- пу... — йзс! фарсмæ|йы,н бандоныл1— цалдæр армы- дзаг балтæ æрæвæрдта. — Ехх, пыр дæ хуызæп хъæбулы ардæм чи радта, уымæп цы загъдæуа...— йæ нæстыбьштæ сæрбæттæиы кæронæй асæрфта сылгоймаг æмæ йæ цурæй рацыд. Æфсæн каудуар зæрдæхалæн хъыррыст ныккод- та йæ фæдыл... Цыма йæ æмбисбон арв æркъуырдта, уыйау фæ- цис лæппу. Исдуг фæкъуырмагонд, ницыуал бам- бæрста. Æппæт дæр æм каст æвирхъау фыныфен- дау: йæ мад... æрдæбоны æнахуыр сылгоймаг... йæ дысоны уаз фынтæ, абоны æбуалгъ æцæгдзинад... Иу каст йæ фарсмæ бандоныл æвæрд балтæм код- та, иннæ — уæдмæ адардуæвæг, æнæзонгæ сылгой- магмæ. Æппынфæстаг бамбæрста æппæт дæр. Бамбæр- ста æмæ хъæрæй ныккуыдта саби-лæппу. Цыма дзы цыдæр аскъуыд. О, аскъуыд. Йæ ив- гъуыдимæ йæ цы баста, йæ мад, йæ фыдмæ уарзон- дзинадыл амад кæцы уыд, уыцы фæстаг таг... Æваст, цæрæн корпусы фарсмæ, хæрæндонæй æрбайхъуыст дзæнгæрæджы дæргъвæтин зæлланг. — Дыккаг аходæн хæрынмæ рацæут!.. Аходæн хæрынмæ!.. — хæрæндоны разæй йæ хъæлæсыдзаг хъæр кодта Сережкæ. йæ хæдоны дысæй йæ цæстысыгтæ асæрфта лæп- пу æмæ арф ныуулæфыд. Æваст йæ фарсмæ бал- тæм фæкомкоммæ. Иæ чысыл зæрдæ фырмæстæй атыппыр. Цыма йын æппæт дæр уыдон аххос уыд, уыйау сæм дыууæ къухæй фæлæбурдта æмæ сæ фæйнæрдæм фехста. Иу балы цупал дзы, фыдæнæнгæнæгау, йæ разы назбæласы къалиуыл, хъусцæгау, ацауындзæг æмæ 80
дзедзырой кодта. Хуры тынтæ йыл атыхстысты æмæ йæ урс, фыррæгъæдæй гæзæмæ бурбын гагатæ, нал- хъуыт-налмасау, æрттывтой... — Цы фæдæ, Хату, фæцæуын дæм!.. — хæрзæв- вахсæй йæм æрбайхъуыст йе ’рдхорд Сережкæйы цъæхснаг хъæлæс æмæ йæ уæлвæд та — йæ чиугæ къахдзæфты уынæр... Цхинвал «ДЫ МÆ ЛÆППУ ДÆ...» — Боркæ, хæдтæхæг ма мын сараз... — чысыл Ирбег æрдзуццæг кодта лæппуйы раз æмæ йæм йæ саупæмыг цæстытæ ныццавта. Боркæ йæ цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау, йæ разы цы хæдцæугæ автомобил ис уыйимæ ар- хайы. — Сараз-ма мæнæн дæр хæдтæхæг, о... — лæгъ- стæгъуызæй фæлхатт кæны саби. — Ацу иуырдæм, лукъафындз, цалынмæ дын дæ былтæ не снадтон. Ирбег, æвæццæгæн фæхатыд, уыцы æртхъирæн фæччыгъæдæн кæй загъдæуыд, Боркæмæ йæ фæнæ« мыны хъуыды бынтондæр кæй нæй, æмæ йæхион кодта: — Боркæ, хæдтæхæг мын сараз æмæ дын стæй мæ галетты хай ратдзынæн. — Цы?.. Цавæр галетты... — хæрдмæ йæм скаст уый. 6. Тедеты Р. 31
— Цай æмæ галеттæ райуардзысты абон дыккаг аходæнæн. Мæхи цæстæй федтон хæрæндонмæ сæ куыд бахастой, уый. — Гъм, хорз, æрмæст ма фæсай, æндæра... — йæ тымбылкъух æм равдыста Боркæ. — Нæ фæсайдзынæн, гыццийæ дын сомы кæ- нын, нæ дæ фæсайдзынæн... — ныссомытæ кодта Ир- бег. — Æрис-ма д#гæххæтт. Ирбег фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ æввæхсты куы ничи зынд, уæд йе тарæй сласта цал- дæр сыфы ма кæуыл аззад ахæм зæронд тетрадь æмæ йæ Боркæйы къухты фæсагъта. — Цымæ та йæ кæмæй рачырхтай?.. — йæ бур- бын, тæнæг æрфгуытæ кæрæдзимæ сæхи бассыв- той. — Иухатт куы уа, уæд дын дæ мукъутæ хорз снæмдзысты, Ирбеджыхъо! — Давгæ йæ нæ ракодтон, Боркæ, аргæ йæ скод- тон. Уæд мын гыцци амæлæт, уæд... — Гыцци, гыцци!.. Цавæр «гыцци» кæныс?! — рамæсты йæм уый. — Цæй гыцци ис дæуæн?.. — Гыцци мын куыд нæ ис — йæ былтæ æрæп- пæрста саби. — Ау, куыднæ мын ис гыцци!.. — Нæй дын, — йæ къæбæлдзыг сæр ныттылдта Боркæ. — Куы дын уаид, уæд дæм иунæг хатт уæд- дæр æрцыдаид. — Ис мын, — ныццæхгæр Ирбег, — Мария Фе- доровна нын афтæ, алкæмæн дæр, дам, уæ ис мад æмæ стæй фыд дæр. Фæлæ, дам, дард кæмдæр сты æмæ сæ ардæм не ’вдæлы нырма... — Уый уæ сайгæ кодта, æнæзоыд — худы Бор- ка, — цавæр дард уыдзысты уагæры, — хæдтæхæ- гыл абад æмæ æрдым. Ам æппындæр никæмæн ис ныййарджытæ...' — Ойы, никæмæн! Уæдæ иухатт Дзерассæмæ куыд æрцыдысты йæ мад æмæ йæ фыд?.. Æз сæ 82
тæккæ цур уыдтæн. Æрбацыдысты Мария Федоров- наимæ æмæ йын загътой: мах стæм лæ ныййарджы- тæ, æмæ йæ акодтой семæ. Уый-та—æдылы, нæ, дам, мæ фæнды сымахмæ, — йæ мады хъæбысæй рацæйгæпп кодта. Æз куы уыдаин уæд... — Дзерассæйæн æцæгдæр уыд ныййарджытæ, фæлæ, æрмæстдæр уымæн... Гъа, цæттæ у дæ хæд- тæхæг. Фæлæуу, мæхæдæг уал æй сфæлварон, — йæ бынатæй фестад Боркæ. — Кæс-ма, бынмиз, куыд æй хъæуы! — йæ къух дардыл ныззылдта æмæ хæд- тæхæджы хæрдмæ фехста. Уый, исдуг, хæрдмæдзуйау, уæлдæфы бæрзонд сфардæг, стæй йæ фындз размæ фæкъул æмæ иу- дзæвгар афтæ æмрастæй фæтахт, стæй уæззаугай æрбазылд æмæ лæппутæй чысыл фалдæр, кæрдæ- джы йæ фындз ацавта. — Федтай, куыд хъæуы!.. — Боркæ йæ фæдыл бауад, фæлæ йæм уæдмæ, тымбыл фынджы фарсмæ хуызджын кубиктæй цы сабитæ хъазыд, уыдонæй чидæр фæраздæр. — Ардæм æй æрис, æнаккаг!.. — лæппуйы къух- тæй хæдтæхæг стыдта Боркæ. — Дæу у исты, куы йæм лæбурыс?.. Ныртæккæ дæ ахæм над скæндзы- нæн, æмæ... — Авæр ма йæ махмæ дæр, — гæзæмæ чиугæ, сæ цурмæ басæпп-сæпп кодта Ирбег. — Фæлæу, Гела йын йæ бырынкъ фæзылын код- та æмæ йæ сраст кæнон, — назбæласы бын цы фæхс- бандон уыд, ууыл æрбадт Боркæ æмæ хæдтæхæ- джы бырынкъ бадзæбæхтæ кодта. — Ирбег, æцæг дæ саби-инвалидты хæдзармæ æрвитынц? — Мæгъа, директор афтæ, скъоламæ, дам, уым. хъуамæ бацæуай... — фенкъард лæппу. — Æмæ дæхи фæнды?.. — йæ цъæх цæстытæ йæм сзылдта Боркæ. — Бæргæ мæ нæ фæнды, Боркæ, фæлæ... — ныу* 8$
улæфыд Ирбег æмæ йæ цæнкуыл къахы фындзæй сыджыты къуыбар скъуырдта. — Мария Федоровна афтæ, уым дæр, дам, дын æвзæр нæ уыдзæн... — Ирбег... цы кодта дæ къах? Искуы йæ ныц- цавтай?.. — чъызгæйæ афарста Боркæ йæ хæлары. — Мария Федоровна афтæ, къæбæда митæ, дам, кæй кодтай, уый тыххæй, дам, риссы дæ къах, фæ- лæ уый æвæццæгæн, сайгæ кæны. Æз никуы код- тон къæбæда митæ. Æвæццæгæн мын иууылдæр аф- тæ уыд. — Уый гæнæн нæй, — не сразы Боркæ. — Гыц- цылæй йæ кæмдæр ныццавтай æмæ йæ нæ хъуыды кæныс, æндæра мæнæн цæмæннæ риссы? — фыццаг йæхи хурсыгъд къæхтæм æркаст, стæй та, цыма йæ фыццаг хатт уыны, — Ирбеджы сахъатджын къах- мæ. Уымæн йæ рахис къахы уæлфад, цыма йын æй аркъауæй æрбалвæстæуыд, уыйау, мидæмæ æрба- тасыд. Къахæнгуылдзтæ, æнæномы йеттæмæ, уæл- дæфы аззадысты. Дæлфад, цæугæ-цæуын зæххыл кæй нæ ныдзæвд, уый фæстиуæгæн, Ирбегæн дза- быр нæ фидар кодта: уадид иу йæ дæлфады тигъ аихсыд æмæ фæхуынчъытæ. Æнæуый йæ цæуынæн йæ сахъат ницы уыйбæрц хъыг дардта, йæ къах зулаив цы хаста, æндæр... Айразмæ йын операци дæр хъуамæ скодтаиккой, фæлæ йæ Тбилисæй фæстæмæ раздæхтой: нырма, дам, æгæр чысыл дæ... — Тæрсгæ ма кæн, Ирбег, кæд-иу дæ дзы исчи хъыг дара, уæд-иу мæнмæ фæбæрæг кæн æмæ йын .æз... — цы бакæыинаг у, уый кæронмæ нал загъта Борка, фæлæ йæ чъизи тымбылкъух уыцыхуызæ- иæй ныттылдта æмæ бæрæг уыд йæ чысыл хæлары тыххæй æбуалгъы фыдбылызтæ кæй сараздзæн. Уыцы уысм æрвгъуыз «Волгæ» каудуары раз жрлæууыд. Шофыр — саурихи, æвзонг лæппу, йæ #4
бынатæй расхъиудта æмæ машинæйы фæстаг ду- æрттæ уæрæх байтыгъта. Уырдыгæй фыццаг рахызт бæрзондгомау, æлвæст лæппу-лæг, сау сгæллад ко- стюмтæ æмæ урс, цыллæ хæдоны. Йæ фæдыл — цы- бырдзыкку, саулагъз чызг-ус рæмбынкъæдзтæм — сæнтурс æрмкъухты. Сылгоймаг лæджы дæларм йæ къух акодта æмæ уагдоны кæртмæ бахызтысты. — Цымæ чи уыдзысты?.. — йæ саунæмыг цæсты- тæ сæм ныццавта Ирбег. — Æвæццæгæи директормæ æрбацыдысты, — куыд-фæндыйæ йын сдзуапп кодта Боркæ.—Æрис^ иу хæдтæхæг ма дын саразон. — Чизоны... чизоны искæй мад æмæ фыд сты,, Боркæ?.. — Гъм, уæдæ, — цæмæндæр не сразы уый. Фæ- лæ уæддæр дызæрдыгхуызæй бакаст æнæзонгæты- рдæм. Уыдон лæппутæй чысыл фалдæр æрлæууыдысты. Сылгоймаг Ирбегмæ йæ цæстытæ ныццавта. — Жорж, бакæс-ма, какой милый мальчик. Стæй... цыма йæм цыдæр де ’нгæстæй ис, нæ хатыс?.. Жорж кæй схуыдта, уый, Ирбеджырдæм цал- дæр къахдзæфы бакодта æмæ æрлæууыд. — Раст зæгъыс. Ай-айдæр, цыдæр ахæм... Дæ- ном цы хуыйны, лæппыз?.. — Ирбег... — Ирбег? Иттæг хорз, — йæ тæнæг рихитæ æх- сызгон мидбылхудты фæйнæрдæм айвæзтысты лæ- гæн. — Цом, директормæ уал бацæуæм, Мери, стæй... стæй фендзыстæм, — усы цонгыл рахæцыд æмæ къанцыларырдæм атындзыдтой. Сылгоймаг ма къанцылары къæсæрæй фæстæ- мæ фæкаст æмæ Ирбегмæ бахудт. — Боркæ, зоныс цы... уый... уый, æвæццæгæн, мæ* мад уыд... — Дæ мад, о, æнхъæлмæ йæм кæс, — сдзырдта. 85
Боркæ, фæлæ йæ ныхасыл бæрæг уыд, йæхæдæг дæр цæуылдæр кæй фæдызæрдыг. Ирбег уæззаугай сыстад æмæ къанцылары дуа- рыйонг бацыд, — дарддæр нал бауæндыд æмæ сæр- гуыбырæй фæстæмæ раздæхт. Боркæ йæ хъуамæ амæстæймардтаид йе ’нæуæп- доны тыххæй, фæлæ уыцы уысм дзæнгæрæг ныц- цагъта æмæ дыууæ хæлары аходæн хæрынмæ атын- дзыдтой. Аходæнæн сын, æцæгдæр, кисель æмæ галеттæ уыд. Ирбег тагъд-тагъд авдæлон кодта йæ агуыв- зæ æмæ хъуамæ æддæмæ ахызтаид, фæлæ йын хæ- ринаггæнæг зæронд Пепе йæ агуывзæ ногæй æры- дзаг кодта: — Ахæр, мæ лæппу æмæ тагъддæр астыр уай. Хорз кисель у. Бирæ уарзы кисель Ирбег, фæлæ ныртæккæ уы- дæттыл нæу: йæ хъуыдытæ уыцы æнæзонгæ ус æмæ лæгимæ сты, — уæд-та ма йæ афонмæ агурынц, уæд- та ма, æцæг гыцци æмæ баба сты?! Æвæндонхуызæй хуыппытæ кæиы лæппу йæ ки- сель. Иуафон, æнæрхъуыдыйæ, йæ дзыхмæ галет дæр схаста, фæлæ йæ Боркæйы мæсты гуым-гуым æрчъицын кодта: йæ хæлар æм фынджы бынты тымбылкъухæй æвзыста. Ницы сдзырдта Ирбег. Цы хъуамæ загътаид — ныхас-ныхас у. Иæ комыдон аныхъуырдта æмæ га- леттæ аивæй йе тары афснайдта, — хæрæндонæй æддæмæ къæбæр рахæссын дæр нæ уагътой, — æмæ дуармæ рацыд. Æрдæбоны ус æмæ лæг никæцæй ма зындысты. Æрмæст сабитæ хъазыдысты уынджы: Гела хæд- цæугæ автомобилы ныллæст æмæ йæ дыууæрдæм ратæр-батæр кæны. Дыууæ чысыл лæппуйы ма йын æххуыс кæнынц: машинæйы фæрстыл ныззæгæл сты æмæ йæ размæ æхсойынц. 86
Ирбег исдуг афæнд кодта Гелаитæм бацæуын, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста: хылмонц у Гела, æдзух йæ къух хъилæй дары. Машинæйыл æй нæ бауадз- дзæн сбадын. Айразмæ йын йæ фындз дæр уый тых- хæй ныццавта. «Ехх, ныр Боркæ кæм ис!.. Уый сын фенын кæ- нид!..» — ныуулæфыд лæппу. — Æрис-ма, дæ галеттæ, æви та сæ дæхæдæг ба- ныхъуырдтай?.. — йæ уæлхъус февзæрд Боркæ. — Ницы баныхъуырдтон. Мæнæ сты, гъа... — дыууæ гуылы йæм балæвæрдта лæппу. — Кæсыс, нæ машипæйыл та нын куыд хъазынц! Боркæ, гуылтæй иу йæ цыбырфадыг хæлафы дзыппы атъыста, иннæмæй адджын хæмс æркод- та. — Цом-ма, мемæ, ничи сæм кæсы!.. — мæсты- хуызæй Гелаитырдæм фæраст. — Чи уын радта бар æмæ мæ машинæйыл сбадат!? Тагъд æрбайсæфут ардыгæй, æндæра!.. Чысыл лæппутæ уадид фæлидзæг сты. Гела дæр, гуым-гуымгæнгæ, машинæйæ рахызт æмæ иуварс слæууыд. Боркæ шофыры бынаты æрбадт, педальтæ азылд- та æмæ хæдтулгæ размæ атахт. Ирбег дæр, хъæр- гæнгæ, йæ фæдыл ныййарц. Иудзæвгар куы ахъазыдысты, уæд Боркæ афæл- мæцыд æмæ машинæйæ рахызт. — Рацу, ныр та дæ рад у. Ирбег машинæйы бабадт æмæ йæ цæнкуыл къах педалыл æрæвæрдта. — Ирбег, акæс-ма, рацæуынц... Æцæгдæр, æрдæбоны ус æмæ лæг, Мария Федо- ровна дæр семæ афтæмæй, къанцылары асинтыл æрцæйхызтысты. Лæппу та сæм йæ саунæмыг цæ- стытæ ныдздзагъыр кодта. Уæртæ гъе, ацырдæм рацæуынц. Лæг сылгоймæгтæй фæхицæн æмæ, ком- коммæ Ирбеджырдæм æрбатындзы. Сабийы чысыл 87
зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста, цавæрдæр, нырма æбæрæг, фæлæ стыр бæллæх æнхъæлца- уæй, йæ улæфт ныллæууыд. — Адон, се ’ппæт дæр, уæртæ уыцы дыууæ чыз- гæй дарддæр, æнæхицæуттæ сты... бар уæ ис... чыз- гæй, лæппуйæ... — æрбайхъуыст æм иуафон Мария Федоровнайы хъæлæс, фæлæ йын йæ ныхæсты ми- дис нæ бамбæрста лæппу. Æнæзонгæ нæлгоймаг йæ тæккæ цурмæ æрба- цыд, йæ разы æрдзуццæг кодта æмæ йæм худгæбы- лæй кæсы. «...Баба... уый баба у, æнæмæнгдæр!..» — иунæг ма уыцы хъуыды тæлфы лæппуйы сæрымагъзы. — Уæдæ мæн нæ хъуыды кæныс, Ирбег?.. — хур- мæ ферттывдтой йæ сызгъæрин дæндæгтæ лæгæн. Йæ цæстытæ дæр уыцы æнахуыр æрттывд кæнынц. Нæлгоймаг хъавгæ бавнæлдта сабийы пыхцыл бе- цыкмæ: пæлæхсар æнгуылдзтæ йæ фасæгау акод- той. Ахæм зæрдæхцон хъæлæс никуыма фехъуыста Ирбег. Ахæм рæвдыд никуыма банкъардта сидз&р лæппуйы буар, æмæ йæхимид фестъæлфыд. — Ды... ды... — Æз дæ фыд... дæ фыд дæн, Ирбег!.. — Баба!.. мæхи баба!.. — уыцы-иу сæррæттæн, йе ’фцæджы ацауындзæг лæппу. Кæм уыдтæ ныр- мæ, æз дæм куы ’нхъæлмæ кастæн, уæд цæуылнæ цыдтæ?! — Дард кæмдæр уыдтæн æмæ мын нæ уыд ра- цæуæн, мæ хъæбул... Ныр æдзух иумæ уыдзыстæм... Ды... ды мæ лæппу дæ... мæ лæппу... — æвæц- цæгæн сабийы мидравг бахæцыд лæгыл дæр: йæ хъæбысмæ йæ фелвæста, йæ риумæ йæ нылхъывта, тыхстытæ, батæ йыы кæны... Боркæ сæм джихауæй кæсгæйæ баззад. Сабитæ сæ алыварс æрбатыгуыр сты. Дыууæ усæн цæуыл- 88
дæр зæрдиаг ныхас ацайдагъ æмæ сæм уыдон æрæг- мæ æрдардтой сæ хъус. Æрæджийау сæм Мери фæ- комкоммæ æмæ, мидбылхудгæйæ, Мария Федоров- найæн се ’рдæм ацамыдта. Хъомылгæнæг фыццаг бахудт, стæй, зæхмæкæсгæйæ, Мерийæн цыдæр’ загъта. Сылгоймаджы цæсгом фæтар, йæ лыстæг къæлæсæрфгуытæ кæрæдзийыл андæгъдысты æмæ фæдисы къахдзæфтæй, Ирбегиты цурмæ ратын- дзыдта. — Æрывæр уыцы саби, хъусыс, ныртæккæ йæ æрывæр!.. — Цы хабар у, Мери?.. Ау, дæхæдæг куы дзырд- тай!.. — фергъуыйау лæг. — Иттæг хорз сывæллон у. Кæсыс, хæлæрттæ дæр ма систæм... — Боже мой, Жорж, он же калека!.. — цыма-чы- сыл саби нæ, фæлæ залиаг калм æрцауындзæг йæ- мойы хурхыл, æмæ йын аныхъхъуырынæй фæтарст, ахæм хъæлæсыуагæй сдзырдта сылгоймаг æмæ фæ- стæмæ алæууыд. — ??? Ирбег нæ бамбæрста, дзырд «калека» цы ны- сан кæны, уый, фæлæ зæрдæаивæй фембæрста, ацьг дзырды æбуалгъдзинад ын йæ «бабайы» зæрдæ- ахаст æваст куыд аивта, уый. — Ды... ды рæдийыс, Мери... уый... — сабийьь зæххыл æрæвæрдта æмæ йын йæ цæнкуыл къахмæ- куы фемдзаст, уæд йæ ныхас æрдæгыл аныхъуырд- та лæг. — Да... мда... Исдуг сæ хъыпп-сыпп никæмæйуал схауд, стæй, Мария Федоровна загъд самадта лæг æмæ усимæ. Уыдон ницы дзырдтой, æрмæст аххосджыны лæуд. кодтой йæ разы. Ирбег дæр, уыдонмæ кæсгæйæ, скæуынæввонг йæ былтæ æрæппæрста. Зæгъгæ, Бор- кæ йæ фарсмæ нæ лæууы, уæд йæ хъæлæсыдзаг ныббогъ-богъ кодтаид. 89'
Æппынфæстаг ус æмæ лæг дæр сдзурынхъом фе- •сты. Ныр та уыдон дзырдтой, кæрæдзи дзыхæй дзырд исгæйæ, цыдæр бæлвырд кодтой хъомылгæ- нæгæн. Уый сæм æнцад хъуыста. Хатт-иу се ’ртæ дæр цæмæндæр, Боркæйырдæм бакастысты. — Хорз, — сразы сын, æппынфæстаг, Мария Фе- доровна, — цомут, æрмæст директоримæ бадзурут... Боркæ, ды дæр рацу немæ... — Баба... — Кæугæ ма кæн, хъæбул, — сылгоймаджы урс æрмкъух лæппуйы русыл баныдзæвд. — Мах та дæм æрцæудзыстæм... 0, æрцæудзыстæм æмæ дæ уæд акæндзыстæм немæ...—сылгоймаг цæхгæр фæзылд æмæ къанцыларырдæм атындзыдта. Иннæтæ — йæ фæдыл. Жорж Боркæйы къухыл хæцыд æмæ йын хъæлдзæгæй цыдæртæ дзырдта. Ирбег кæугæбылæй сæ фæдыл каст... Хъомылгæнæг ус къанцылармæ бахизæны фæ- стæмæ фæзылд æмæ лæппумæ радзырдта: — Ирбег, дæ палатæмæ ацу, æз дæр дæм ныр- тæккæ фæцæуын!.. Фæлæ йын ацы хатт нæ бакоммæ каст лæппу... Сахаты ’рдæг дæр нæ рацыдаид афтæ, Боркæ къанцыларæй рахызт. Ныр та йын йæ къухыл хæ- цыд сылгоймаг. Уыдис ыл дзыхъынног уæлæдарæс æмæ æрттиваг бур дзабыртæ. Йæ бæзджын, кæд- дæриддæр^ пыхцыл сæрыхъуынтæ, ныр уыдысты би- ноныг фаст æмæ лæгъз. — Дæхæдæг зоныс, Боркæ, æдылы митæ ма кæн, хъус дæ мад æмæ дæ фыдмæ... — йæ бецыкк ын адаудта директор, — халасхил, бæзджынтæ лæг æмæ йæм мидбылты бахудт. «Боркæйы кæнынц... Боркæйы... æмæ ’ уæд æз т^?!.» — фестъæлфыд лæппу æмæ сæ цурмæ æрба- .лыгъд. — Боркæйы цæмæн кæнут, исты уый у уæ лæп- 90
тту?! Æз та кæй лæппу дæн, уæдæ!.. Æз ма та кæй лæппу дæн?! — ныббогъ-богъ кодта йæ хъæлæсы- дзаг. Æрдæбоны лæг æмæ директор асинты сæр цæ- уылдæр ныхас кодтой æмæ ныр йæ хъæрмæ æруа- дысты. Боркæ дæр сылгоймаджы къухтæй йæхи ра- тыдта æмæ йæ уæлхъус февзæрд. — Бæрæг уыд, цы- дæр зæгъын æй кæй фæнды йæ хæларæн. — Боркæ, фесæф ардыгæй!.. Уыдон мæ мад æмæ мæ фыд сты, хъусыс!.. Мæнæн баба йæхæдæг загъ- та... баба!.. — асхуыста йæ Ирбег. Æмæ Боркæ, си- дзæрдоны, сабитæ се ’ппæт дæр æмризæджы кæмæй рызтЫсты, уыцы бурдзалыг Боркæ, ацы хатт ницы сдзырдта Ирбегмæ: сæруагъд, къæмдзæстыггъуы- зæй лæууыд йæ разы. — Басабыр у, Ирбег. Басабыр у, мæ лæппу, дæу- мæ дæр æрцæудзысты... — йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой йе ’нцъылд уадултыл Мария Федоровнайæн. — Ай-айдæр, куы дын загътон æрцæудзыстæм, зæгъгæ, фæстæдæр... — хорзау нал уыд сылгоймаг дæр. Лæг ницы дзырдта: фæлурсцæсгомæй лæууыд •сæ цуры æмæ йæ бинаг был æхсынæгау кодта. — Сайгæ кæнут!.. Сымах уе ’ппæт дæр сайæгой- тæ стут!.. — нал æмæ нал æнцад сывæллон. Куыддæрты йæ æрсабыр кодтой. Æнæзонгæ ус æмæ лæг, Боркæ дæр семæ афтæмæй, машинæйы бабадтысты æмæ æрвгъуыз «Волгæ» асфальт уын- джы уæлæмæ аселф ласта... Ирбег хъазæн машинæйы цурмæ бацыд æмæ йæм йæ чъылдым сыздахгæйæ, зæххыл æрбадт. Ма- рия Федоровна йæм рацæйцыд, фæлæ йæ директор нæ рауагъта: — Ныууадз уал æй йæхи бар. Уадз, йæхигъæ- дæй æрсабыр уа... Афтæ хуыздæр уыдзæн... — усы цонгыл рахæцыд æмæ ма йæ ныхæстæм афтыдта. — 91
Стæй-иу æй мæнмæ æрбакæн, исты ног дарæсæй йæ барæвдауæм... Ирбег бадт, сабиты къæхтæй над нæудзармыл æмæ хæкъуырццæгæй куыдта... Æваст цыдæр хъæбæр фенкъардта йæ хæдоны дзыппы. Систа йæ: адджын гуыл... — æвæццæгæн ын æй æрдæбон Боркæ атъыста йæ дзыппы... Хъуа- мæ йæ аппæрстаид, фæлæ йæ йæ цæст нæ бауарзта. Уæззаугай йæ схаста йæ дзыхмæ æмæ дзы аком- дзаг кодта: гуыл цæмæндæр цæхджынад кодта, — æвæццæгæн, йæ цæссыгæй бамæцъæл... Цхинвал ФЫЦЦАГ БЫНАТ Æртыккаг къласы ахуыргæнинаг Ботасты Гога, йæ дæларм бронзæ фæлгæты конд егъау ныв, аф- тæмæй Пионерты Галуаны бæрзонд асинтыл хъæл- дзæгæй æрæзгъордта. Лæппутæй ма йæ чидæртæ урæдта, фæлæ сыл уый йæ къух ауыгъта, нæ мæ ’вдæлы, зæгъгæ, æмæ сæхирдæм, уæлæмæ уынджы фæраст. О, æнæвдæлон у абон Гога. Æнæвдæлон æмæ амондджын. Зæгъгæ йæ исчи фæрсы, уæд, æвæц- цæгæн, йæхицæй амондджындæр никæй схонид æгас дунейыл дæр! Æмæ уый чизоны афтæ дæр у: фыццаг бынат бацахсын мæнæ нæй! Ай-гъайдæр, чысыл раздæр, Пионерты Галуапы областы скъоладзауты ’хсæн 92
цы конкурс уыд, уым йæ конд ныв æппæты хуыз- дæр рахуыдтой! Жюрийы сæрдар ма дзы сæрма- гондæй дæр раппæлыд. Раттой йын грамотæ æмæ сæйраг приз — бронзæфæлгæтджын Репины конд ныв: «Тъиуиласджытæ»: цалдæр лæгæй уæззау тъи- уи фæласынц дон-дон. Сæ цæсгæмттыл æгæрон тыхстдзинад æмæ хъизæмар — фыст. Фæлæ ныфс- джынæй кæсынц уæддæр сæ размæ, сæ фидæнмæ. Гогайы хъуыдымæ гæсгæ, æгас дунейыл дæр Репинæй лæгдæр ничи ис. Чи ма скæндзæн æндæр ахæм диссаджы ныв? Кæй бон бауыдзæн! Гога йæхæдæг дæр бирæ уарзы ныв кæныи. Йæ уд, йæ дзæцц у тетрады сыфыл, нывгæнæн хъæбæр гæххæттыл, гъе та фæйнæджы гæбазыл дæр исты нывтæ скæнын. Фæсномыгæй йæ скъолайы Репин дæр уымæн хонынц. Уымæи æмæ ма иоджы йæ сæр дæр, булкъау, куыдуæлæмæ цъупп кæй ахаста, уый тыххæй. Уадз æмæ дзурæнт. Ахæмтыл Гога нæ мæсты кæны. йе ’мбæлттæй алкæмæп дæр ис фæс- номыг, æмæ цы?.. Йæ цæстытыл ауад лæппуйæн, райсом пæ пыв скъоламæ куы ахæсса, уæд ыл йе ’мбæлттæ куыд цин кæндзысты. Куыд дзы æппæлдзæн ахуыргæнæг дæр. Науæд хæдзары... Гыцци йæ, æвæццæгæн, йæ хъæбысмæ фелвасдзæн, ныпъпъатæ йып кæндзæн æмæ уадид торт аразыпыл балæудзæн: афтæ уы- дысты дзырд. Æхсызгон уыдзæн бабайæн дæр, уæдæ цы. Фæ- лæ уæддæр алкæмæй тыхджындæр йæ фыдымад, зæронд Нуца, бацин кæндзæн Гога,йы антыстыл. О, бирæ уарзы йæ зæронд мад Гогайы. Иæхæдæг дæр ыл афтæ æнувыд у лæппу. Алфæмблай цыма æппæт дæр Гогайы цинагыл райы, афтæ кæсы сабимæ. Æцæгдæр, диссаджьГ рæсугъд бон у. Уалдзыгон хур парахатæй нывæнды йæ хъарм тынтæ зæхмæ. 93
Арв — сыгъдæг, цыма йæ цъылынæй ныммарзтæ- уыд. Сабыр дымгæ фæндаггæрæтты сагъд, дидин- æфтыд акъацибæлæсты къалиутыл радзæ-мадзæ кæны. Абоп уыдон дæр уæлдай рæсугъддæр кæ- сыиц Гогамæ. Æгæрыстæмæй йæм цыма, базары раз æдзух сæлдæг чи фæуæй кæиы, уыцы тызмæг- дзаст зæронд лæг дæр йæ мидбылты бахудт. Иæ дзыппы цы абази уыд, — райсом ын æй зæ- ронд гыцци авæрдта, — ,уый йæ армыдзыхъы бал- хъывта лæппу æмæ пыуулæфыд. Ех, бæргæ бал- хæиид сæлдæг, фæлæ йæ ныр уыдæттæм не ’вдæ- лы — сæхимæ тындзы! — Уæртæ, гъе, сæ хæдзар дæр уынджы тигъæй æр- зыпд. Гога банхъæлмæ каст, цалынмæ свстофоры цъæх рухс ссыгъд, уæдмæ, стæй фæндаджы инпæ фарсмæ бахызт. — Ей, Гога, рацу немæ ахъаз!.. — Бадыри æмæ Ацæ сисгæрон мелæй æрхæххытæ кодтой æмæ йæм сæ къухтæ тилынц. Æндæр хатт бæргæ ахъазид Гога дæр икъа- икъайæ, фæлæ ныр... — Хъазут уал сымах, æз дæр уæм тагъд фæзып- дзынæи! — асинтыл, тагъдгомау, дыккаг уæладзыг- мæ суад лæппу æмæ сæ фатеры дуарыл бахæцыд. Бипонты хæдзары æмбырдæй баййæфта. Йæ’ мад Тикъо къамоды раз айдæиьт йæхи дзæбæхтæ кодта. Фыд Мате бæлццонарæзтæй диваныл бадт æмæ йæм æнхъæлмæ каст, — æвæццæгæн, та ис- куыдæм цыдысты. Æрмæст зæронд ус, æрвылхат- тау, фæрссаггæроп бадт æмæ цъында быдта. — Гъы, цы бадæ, мæ фырт, исты нытътъæпæн /кодтай? — газеты сæрты йæм æрбакаст йæ фыд. — Мæнæ... — йæ мидбылты бахудт лæппу æмæ йæм ныв æмæ грамотæ балæвæрдта. ’ Мате ныв иуварс æрæвæрдта æмæ грамотæмæ ’ркаст: 94
— Гъи, Ботасты Гогайæн фыццаг бынат... ныв «Чысыл чызг æмæ урс бæлоны» тыххæй... Хорзæх- джын цæуы сæрмагонд грамотæ æмæ зынаргъ лæ- варæй... Матейы парст цæсгом къехура фæткъуыйау ацис æмæ йæ сау рихитæ æхсызгонæй адаудта: — Уый æз уыдтæн, гъе! Æз æй бацырд кодтон ныв кæныимæ. Ам лæг ис, лæг!.. — Уæд мын дæ сæр амæлæд. Æмæ ма дзы æз та цы гæс уыдтæн уæд! — йæ былтæ ахорып фæ- уагъта Тикъо. Фестад æмæ Гогайы грамотæ йæ мойы къухтæй раскъæфта. — Нывгæиæн гæххæтт дæр ын куы никуы балхæдтай, уæд< дæхицæй цы ’ппæлыс? Уый а-чьтзг уыд, а-чызг? Ныв кæныиы кружокмæ дæр æй фыццаг мæхæдæг куы бакод- тон. Стæй уый фæстæ дæр... Дуар æрбахостэеуыд æмæ йæ уæлвæд сæ сыхаг тыппыр Шамил мидæмæ æрбахызт. — Цомут, нæма цæуæм. Байрæджы нын уы- дзæн... Гъе, æнхъæлдæн æмæ ам цыдæр хабар ис!.. — Тикъойы къухтæй грамотæ айста æмæ йæ куы бакаст, уæд ахъаззаг ныццин кодта: — Нæ уын дзырдтон, Гогайæ лæг рацæудзæн, зæгъгæ! — А-лæппу йæ сæрысуапгæй дæр зыдта. Гога, хъуыды ма кæныс, иухатт мын мæ хахнывты гæххæттытыл саджы пывтæ куы скодтай? Цалдæр сыфы дын дзы лæвар дæр куы бакодтон? Гогайæн йæ зæрдыл ахæмтæй ницы лæууыд æмæ йæ къæбæлдзыг сæр йæ риуыл æрæппæрста. Иæ хъоппæг, саунæмыджы хуызæн цæстытæ цæ- мæндæр донæй айдзаг сты. Цыдæр æм хардзау æр- каст, фæлæ цы, уый бæлвырд не ’мбæрста йæ са- би-зопдæй. Нæ, ахæм фембæлдмæ не ’нхъæлмæ каст лæппу. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ йын хæдза- ры дæр, абон копкурсы куыд уыд, афтæ, йæ конд нывтæй æппæлдзысты, барæвдаудзысты йын йæхи 95:
дæр. Уыдои та... уыдон та сæхи стауыиыл схæцы- дысты... Зæронд Нуца сæм иудзæвгар æнцад фехъуыста, стæй йæ биинаг иуварс æрæвæрдта, йæ кæсæнцæс- тытæ гуыбыр фындзы рагъæй æриста æмæ сæм баздæхт: — Ныр уæм худинаг ницы кæсы, гормæттæ? Уæ- дæйсарæй уæм хъусын æмæ уæ алчидæр æрмæст йæхицæй æппæлы, раст цыма æппæт дæр сымахæй кæнгæ уыд, уыйау. Æмæ кæд афтæ ,уыд, уæд ма дзы Гога та цы гæс уыд?.. — зæронд ус сабийы йæ хъæбысмæ æрбаирхæфста, дæрзæг армытъæпæнæй йын йæ къæбæлдзыг бецыкк адаудта æмæ дарддæр дзырдта.—Ау, уыцы ныв пунæг йæхæдæг куы скод- та, конкурсы дæр йæхæдæг куы фæуæлахиз, уæд ма дзы сымах та кæцытæй стут?.. Кæм басгуыхты- стут сымах та?.. — ныууырдыг сæм зæронд. Шамил, Мате æмæ Тикъо кæрæдзимæ бакас- тысты æмæ цæмæидæр сæ сæртæ æруагътой... Цхинвал, 1985 азы 28—29 август ЦАРДЫ ЗАКЪОН Уыцы бон Зариффæ Дæлæсыхы уыд. Се ’рва- ^æлты зæронд лæг Хитъо амард æмæ уый кæнд- мæ ацыд. Михал дæр хæдзары нæ уыд: сæумæ- цъæхæй йæ колхозы сæрдар горæтмæ арвыста,— айразмæйы арæзтадон æрмæджытæй ма сын дзы цыдæртæ аззад æмæ сæ æвæстиатæй æрласын хъуыд. §6
Нæ фæндыд ацæуын Михалы: иуæй йын ам дæр тагъды хъуыддæгтæ уыд, иппæмæй та зиан- джыны биноптæй æфсæрмы кодта. Фæлæ æрмæг- цухæй аразджытæ дæр фæстиат кодтой æмæ тас уыд, колхозы ног скъæттæ зымæгмæ куынæ сцæт- тæ уыдаиккой, уымæй. Æмæ дыууæ нал загъта фермæгæс сæрдары ныхасыл. фæззыгон боп уыд. Хъуынтъыз, мæцъæлдзаст бон. Райсомæй иучысыл къæвда дæр рауарыд, фæ- лæ стæй арв раирд, расыгъдæг. Æрмæст ма цæга- тырдыгæй пъæрагъуыз мигъы цæндтæ хæхты цыр- гъытыл æпцадысты. Атто, фыццаг къласы ахуыргæнипаг, скъолайæ æрбаздæхт. Кæрдзын бахордта æмæ уадид йæ уроктæ аразыныл схæцыд: фыссæи фынджы фарс- мæ æрбадт æмæ тетрады цыдæртæ фыста. — Абои та цы райстай, мæ лæппу? — бæлццон- арæзтæй йæ цурмæ бацыд Зариффæ. — Дыууæ «фондзы»: иу арифметпкæйæ, пннæ — мадæлон æвзагæй, — райгондæй йæм скаст саби. — Бæдæйнаг, мæ лæппу, бæдæйнаг! Афтæ мын ахуыр кæн кæддæриддæр, — йæ русæн ын аба код- та мад. — Æз дæлæ Дæлæсыхмæ цæуын, хистмæ. Мæхи равдисдзынæн, сабæттаг ратдзынæн æмæ уайтагъд фæстæмæ фсздæхдзынæы. — Æмæ æз та?.. — фенкъард Атто. — Дæуыпас лæппутæ хнстмæ пæ фæцæуынц. Мæнæн та æдзæугæ нæй. Баба дæр бæлцуаты ис æмæ иæ чи ацæуа, уæдæ? Худинаг сæ у... Цалынмæ дæ уроктæ ахуыр кæпай, уæдмæ æз дæр зыпдзы- нæи...— гардеробæй йæ рувасдзарм худ райста,— айразмæ йып æй Михал горæты балхæдта, — æмæ рацыд. Атто йæ фыссинæгтæ фæцис фыст æмæ ныр та йе ’ннæ хæслæвæрдтæм бавнæлдта. 7. Тедеты Р. 97
— Атто, уæ, Атто!.. — æрбайхъуыст æм иуафон Бурийы хъæлæс. Лæппу цæрдæг фестад æмæ фæрссагæй йæ сæр радардта: — Цы дæ хъæуы, Бури?.. — Рацу æмæ нæ цъилтæ азилæм. Баба мын мæ- нæ цы цъил сарæзта. Зоныс, цы тынг зилы!.. . Иæ иу къухы, æцæгдæр, хъулон-мулон рæсугъд цъил, иинæйы — цъилзилæн ехс. — Æмæ мæ уроктæ... нырма сæ æххæст нæ са- хуыр кодтон... — Е-е-е, стæй сæ сахуыр кæндзынæ. — Æз дæр сæм нæма ’ркастæн... — Хорз, фæцæуын, — фæрссаг ахгæдта, къамо- ды бынæй йæ ехс æмæ цъил райста æмæ æддæмæ рацыд. Лæппутæ сæ цъилтыл ехсыты бæпдæитæ æн- гомæлхъывд стыхтой, æмæ сæ ныззилынæввонг æр- лæууыдысты. — Иумæ сæ сзилæм, кæддæра кæмæн фылдæр фæзилид, хорз? — Хорз, — сразы Атто. Раст уыцы уысм Дæлæсыхмæ фæзилæнæй æр- байхъуыст устыты хъарæг æмæ æнахуыр музыкæ- йы зæлтæ. Лæппутæ фергъуыйау сты, стæй Бури йæ къух ауыгъта: — Уый дæлæ Хитъойы рахæссынц. — Хитъойы?.. Кæдæм?.. — нæ бамбæрста Атто. — КæДæм, кæдæм...— сфæзмыдта -йæ Бури.— Амард æмæ йæ баныгæной, æндæр кæдæм! Цом, бакæсæм сæм... Лæпиутæ уынгмæ рауадысты. Бури ма иучысыл сæ размæ дæр ныууад, фæлæ Атто цæмæндæр нæ ауæндыд, — кауæмбонды цур бабукъ æмæ уæрæх- дза^тæй каст дæлæмæ. ...Разæй, къæйттæ-къæйттæй цыдысты цалдæр 98
чызджы. Сæ къухты уыд дидинджыты чъинатæ, — исдугæй-исдугмæ-иу дзы зæхмæ æрæппæрстой, Сæ^ фæстæ — цыппар лæппу-лæджы, — сæ иу Бурийьп фыд Сауле уыд, — сæ уæхскæмвæз истæй хастой цавæрдæр даргъ æмæ уынгæг чырынгоид. Иæ ми- дæг... О, уый æнæмæнгдæр Хитъо уыд: йæ даргъ зачъстæ æмæ йæ йæ хæрдмæздыхт рихитæй базыд- та Атто. Иу саударæг ус, — хъуамæ Хитъойы хис- дæр чызг уыдаид, — табæты хæдвæрсты цыд æмæ* уыцы цъæхснаг хъæлæсæй хъарæг кодта. Рæстæ- . гæй-рæстæгмæ-иу ын йæ ныхæстæм сылгоймæгтæй чндæртæ «ныгъе-гъе» кодтой. Алкæмæ дæр сæ уыд фындзмæрзæнтæ æмæ-иу дзы сæ фындзы бынтæ- адаудтой... Нæлгоймæгтæ кæугæ нæ кодтой, фæлæ уыдыс- ты æнкъард, хъынцъымдзаст. Æппæты фæсте, адæ- мæй хибаргондæй цыдысты æртæ лæджы. Уыдон. уыдысты цæгъдджытæ: дыууæйæ цагътой хæтæл- тыл, сæ иу та, — йæ хъуырыл гæрзбосæй ауыгъд. долийыл... Бури цыдæр æрбацис, æвæццæгæн сæхимæ афар- дæг... Адæмы бардз Аттойы размæ схæццæ... ...Хитъо æнæзмæлгæйæ хуыссыд йæ саувæлыст, къуындæг чырыны. Йæ цæстытæ, цыма фынæй код- та уыйау, уыдысты цъынд. Хиталæджы хуызæи лыс- тæг цæнгтæ уыдысты йæ дæлриу дзуарæвæрд. Га- лиу къухы уæларм цæмæндæр ныддымст, ныссау- дæппал... Цавæрдæр æбæрæг тасы уылæн æрбакалд лæгт- пуйыл марды чырынæй. Уыцы тасы уылæн цыд Хи- тъойы æхгæд цæстытæй, йе ’мыр дз’ых æмæ саудæп- пал къухы уæлармæй — йæ мардæндзыг, æдзард буарæй иууылдæр, æмæ йын йæ зæрдæйы æгæрон тас ,æмæ хæццæ-мæццæ хъуыдытæ æвзæрын кодта:: «Цæмæн... цæмæн амард Хитъо?., Иæхи фæн- 99)
дыд æмæ уымæн?.. Æмæ йæ ныр ныгæнгæ хъуамæ бакæной?.. Сыджыты... Зæхх скъахой æмæ уым?!»— никуыма федта адæймаджы мард лæппу. Æцæг, айразмæ сæ куыдз Тареш куы амард, уæд æй, ба- •баимæ иумæ, фæсобау баиыгæдтой, æмæ ингæн цы у, уый зыдта, фæлæ лæджы мæрдон буар никуыма федта лæппу æмæ ныр фæтарст. Афтæ тынг фæ- тарст саби-лæппу æмæ йæ чысыл зæрдæ удаистæй риуы къултыл йæхи ныххоста: йæ бинаг былыл дæндагæй ныххæцыд æмæ тарст цæстытæй каст марды чырынмæ. Цыма йын хин счынди, уыйау йæ цæстæпгас фæиртасын нал фæрæзта мардьт чы- рын æмæ Хитъойы æдзард буарæй... — Цæргæ дæр хорз ракодта уыцы мæгуыр, фæ- лæ уæддæр æвгъау уыд мæлынæн... — сдзырдта, йæ рæзты цы сылгоймæгтæ цыд, уыдоиæй сæ иу. — Мæлынæн алчидæр æвгъау у, фæлæ дæ цы фæнды, афтæ у æрдзы фæтк, иууылдæр мæлгæ кæп- дзыстæм... — сдзуапп ын кодта иннæ. «Ау, куыд пууылдæр?.. Æмæ уæд баба?.. Гыц ци?.. Атто йæхæдæг?.. Нæ, нæ, уый гæнæн нæй!..» — Аттойы бынтондæр пæ фæндыд мæлын!.. С, бын- топдæр!.. — фыртæсæй йæ къæхтыбынмæ ныррызт лæппу. — Раст зæгъыс, мæ хойы хай, — сразы фыццаг ус, — ам нæ ничи баззайдзæн. Нæ рæстæг æрцæу- дзæи æмæ мах дæр, Хитъойау ныддæлсыджыт кæн- дзысты... Устыты фæстаг иыхæстæ лæппуйы сонт зæрдæ ноджы бакъуырдтой: уыцы иу цъæхаст фæкодта .æмæ, богъ-богъгæнгæ, сæ хæдзары смидæг. Устытæ ма йæм фæсте цыдæртæ дзырдтой, сæ иу йæ фæдыл дæр рауад, фæлæ стæй фæстæмæ йе ’мбæлттæм баздæхт, — сывæллоны скуыд сæм уадиссаг дæр нæ фæкаст, — сæ цыды хай дарддæр кодтой. .100
Атто та йæ чысыл сынтæгыл дæлгоммæ ныф- фæлдæхт æмæ хæкъуырццæгæй куыдта. уГыцци, мæхи гыцци... баба... æз мæхæдæг... стæй Бури... иууылдæр... иууылдæр хъуамæ амæ- лæм?!» — ацы хъуыды йын уыд бынтон ног, йæ фæронæрхæджы дæр чи никуыма уыд, ахæм æвир- хъ^у хъуыды æмæ йын йæ сабиоп зæрдæ ба- къ^ырдта йе ’буалгъы гуымирдзинадæй. '«Мах кæддæриддæр, кæддæриддæр цæрдзыстæм!.. Мах, баба, гыцци, Бури, æз, иикуы, быптондæр ии- куы амæлдзыстæм!.. Никуы!.. Никуы!.. Никуы!..» — йæ мидутæхсæп куыд-фæстагмæ æргом богъ-богъ- мæ рахызт. — Мах никуы амæлдзыстæм, пикуы!.. Никуы!.. Зæрдейæ йæ уырныдтой ацы ныхæстæ, æууæн- дыд сыл зæрдейæ, фæлæ уый æмрæстæджы, йæ са- биоп æвæлтæрд зондæй æмбæрста ацы хабар бын- тон афтæ дæр кæй пæу, цыдæр рæстдзинад кæй уыд, æрдæбопы устыты ныхасы дæр, æмæ йæ уый зæр- зæрдæзнæт кодта. — Атто цы кодтай! Цæуыл кæуыс, Атто, исчи дæ фæнадта?! — тарстхуызæй æрбауад мидæмæ Михал: абон ын, æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ ра- джы бантыст горæтæй æрбаздæхын æмæ, колхозы къапторæйæ, комкоммæ ардæм ратыпдзыдта, зæгъ- гæ, мæ дарæс, аивдзынæп æмæ ма Дæлæсыхмæ дæр пыууайдзынæн. Фæлæ куыддæр сæ кæрты дуа- рæй бахызт, афтæ йыл Аттойы богъ-богъ ссыд æмæ удаистæй хæдзары смидæг. — Цы кодтай, мæ лæппу?.. — йæ хъæбысмæ фел- вæста сабийы. — Цæуыл кæуыс, Атто?.. Уый йæм йе ’нæхин, хъоппæг цæстытæй скаст, стæй уыцы иу фестъæлфтæй йе ’фцæджы ацауын- дзæг æмæ йын йæ дæлхъуыр йæ мæцъæл цæсгом амбæхста. — Цæуыл кæуыс, Атто?.. — фыртыхстæй йæ хъæ- ЮВ
булы тæлфгæ- буар йæ риумæ нылхъывта фыд. — Цы кодтай, исты ма мын зæгъ?.. — йæ зæрдæ æр- бауынгæг, цæстытæ доны разылдысты — дызæрдыг нал кодта цыдæр стыр фыдбылыз сыл кæй сæм- (бæлд... — Гоигæй, æз... мах иууылдæр амæлдзыстæм?..— ’сæппæрста æрæджиау йæ хæкъуырццимæ. \ — Амæлдзыстæм?.. Æмæ уæД цæмæн? Чи ^ш загъта?.. — фергъуыйау лæг. — Абон устытæ... Хитъойы куы хастой, уæд... ’Иууылдæр, дам, амæлдзыстæм, æмæ, дам, нæ Хи- тъойау, зæххы баныгæндзысты... — кæугæбылæй рахъаст кодта саби æмæ та йæ дзыгъуыртæ цæс- том, ныббогъкæнынæввонг, азылынтæ. — Æмæ ды... федтай Хитъойы?.. — Федтон æй. Саулеитæ йæ рацæйхастой... Иæ цæстытæ, мæнæ афтæ цъынд уыдысты... Ныр æппæт дæр фембæрста лæг, фæлæ уымæй цы? Иæ разы лæууыд йæ чысыл фырт æмæ йæм .дзуапмæ æпхъæлмæ каст. Уыцы дзуапп та, бæгуы- дæр, нæ уыд фыдмæ: пæ зыдта Михал, цы ныфсæ- вæрæп загътаид йæ саби фыртæн æмæ хъуыдыты .аныгъуылд. — Мах пæ амæлдзыстæм, мæ лæппу... Цæмæн •хъуамæ амæлæм мах?.. — сдзырдта æппынфæстаг къæзгæйæ. — Æмæ уæдæ Хитъо цæмæн амард?.. — Хитъо зæронд уыд, тынг зæронд... — Æмæ... æмæ æз дæр куы базæронд уон, уæд та?.. — Гъе-е-е, дæу Хитъойы цахъхъæпмæ нырма цас хъæуы, зоныс?.. — диваныл æй йæ фарсмæ æр- •’бадын кодта лæг. — Бирæ, бирæ... — Уæддæр цас?.. — чысыл цыма æрсабыр лæп- ’ПУ. — Бирæ, тынг бирæ... — Аттойы цæстæнгасæй Д02
сшзхатыд, разы кæй нæ у йæ дзуаппæй, быптон æм аддæр цæмæдæр кæй æнхъæлмæ каст уый, æмæ аздæндонæй адарддæр кодта. — Нырма уал, уалæ Ееслæны йас хъуамæ суай... / — Стæн?.. I — Уый фæстæ, мæнæ мæныйас... \ — Стæй та?.. — суынгæг æй кодта саби. — Уый фæстæ та нæхи дадайы йас... — цæмæн- дæр æй нал фæндыд дзуапп дæттын фыды. / — Баба, æмæ стæй та кæй цахъхъæн суыдзы- нæн?.. — Стæй та... Хитъойы цахъхъæн... — æнæрхъуы- дыйæ сирвæзт йæ дзыхæй. Сабийы цæстытæм ба- к1аст æмæ ма йæ ныхасмæ афтыдта. — Уый фæстæ дæр ма бирæ, ноджы бирæ фæцæрдзынæ... <п Æрдæбон йæ цæстыты цы иыфсы ртау фæзыид Аттойæн, уый æвиппайды ахуыссыд. ТЧæ фыды цæстытæм комкоммæ бакаст æмæ ныллæгхъæлæ- рæй афарста: — Æмæ стæй та? Стæй та цы бауыдзыпæп, ба- ба?.. Цы дзуапп ын радтаид Михал? Цард æмæ мæ- лæты ’хсæн æгьдæуттæ, æрдзы æнусоп фæтк саби- йæн æмбаргæ дзырдты куыд бавæрдтаид?.. Фæ- тыхст л^гу фæлæ йæ тыхстдзинад æргом нæ равдыс- та. — Стæй та цы хъуамæ фæуон, баба? — нал æй уагъта саби. — Атто, уæ Атто!.. — æрбайхъуыст кæртæй æмæ йæ уæлвæд, цыма йæ исчи æхсойгæ æрбакодта уы- йау, дуарæй æрбахауд Бури.—Цы фæдæ, Атто, цом ахъазæм... — Михалы ауыдта æмæ фефсæрмы лæп- пу. — Бури, гонгæй мах дæр амæлдзыстæм? —Мæлгæ?.. Цæмæн?.. Гъм, цы нæ зæгъдзынæ..— фæдисау уый. 103
— Уæдæ Хитъо цæмæн амард?.. / — Хитъо зæ{3бнд уыд. — Мах дæр базæронд уыдзыстæм... / — Цæмæн? Мах никуы базæронд уыдзыстæмЛ- йæ къух ауыгъта Бури. \ Цыдæр ныфс бацыд Аттойы ацы ныхæстæм, фээ- лæ йæ зæрдæйы дызæрдыг æххæст нæма фесæфт./ — Алчидæр базæронд вæййы æмæ стæй... стаф амæлы... — сдзырдта æрæджиау. д Михалы цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ цæмæн\ дæр йæхи фæурæдта: цыма сæ хъусгæ дæр нæ код- та, уыйау, фæрссаджы цур слæууыд æмæ æддæмæ каст. Иæ хæбуздзыхъхъ, дæргъæлвæс цæсгомыл-иу хатт æнкъард мидбылхудт фæзынд, фæлæ-иу уадид æрбайсæфт. I — Чизоны базæронд вæййы... — йæ бур æрфгуед- тæ кæрæдзимæ нылвæста лæппу, бæрæг уыд ащл ныхас йæ зæрдæмæ кæй нæ цæуы, хъуыды дæр кæи никуы акодта ахæм хъуыддæгтыл. — Чизоны базæ- ронд вæййы, фæлæ мæлгæ нæ акæпы. Уæртæ мæ дада дæр зæронд лæг куы у, фæлæ мæлгæ быптон- дæр нæ кæны: цæры æмæ цæры йæхицæп... — Уый дæр амæлдзæн, æвæццæгæн. Иууылдæр, дам, амæлдзыстæм...—Михал æй куыд пæ фехъуыс- таид афтæ, хæрзныллæг хъæлæсæй загъта Атто. — Гъы, иууылдæр!.. — былысчъилæй йæм бакаст Бури. — Зæгъæм, æз никуы амæлдзынæн, быитон- дæр пикуы, — йæ къухы цы сырхфарс фæткъуы уыд, уымæй адджынæн æрхæмс кодта лæппу æмæ Аттойы фарсмæ диваныл æрбадт. — Æцæг?.. — фæзылд æм уый, — æмæ уæд æз та?.. — Ды дæр никуы! — фидарæй йып бапыфс æвæрдта йæ хæлар. — Ау, дæхæдæг æй нæ зоныс, кæй^никуы амæлдзынæ?.. Ахъуыды-ма кæн, куыд хъуамæ амæлай?.. 104
— Æцæг!.. Уый æцæгдæр афтæ :^ы у!.. — æваст æрбайсæфт йæ тас, цыдæр æрбаисты йе ’нкъард хъуыдытæ сабийæн. — Куыд хъуамæ амæла Атто æмæ мауал уа бынтондæр!? Нæ, уый уыдзæн кæд- дæриддæр!.. Уыдзæн æмæ цæрдзæн баба, гыцци, Бури, æппæт адæмимæ!.. А~цы хабар афтæ кæй уы- дзæн, уый йæ ныр фидарæй уырныдта. Уырныдта йæ æмæ зыдта лæппу æдзух-æдзух кæй цæрдзæн, уый... — Æцæг, уый æцæг афтæ куы у!.. — Гъы, пыр дæ бауырныдта мæ ныхас?.. — ных- худт Бури. — Гъа, мæнæ дыи фæткъуы æмæ цом, нæ цъилтæ сфæлварæм... Бури... Дæлæсыхаг бурдзалыг Бури цæрдæгасæй лæууыд йæ разы æмæ йæм, йæ хъози дæндæгтæ ны- зыхъхъыркæнгæйæ, сырхфарс егъау фæткъуы лæ- вæрдта... — Цом!.. — æваст фесхъиудта йæ бынатæй Атто. Бурийы къухæй фæткъуы раскъæфта æмæ йæ ра- зæй æддæмæ рауад. — Фæлæуу, дæ ехс æмæ цъил... Фæстæмæ сæм фездæхт лæппу. Иæ фæткъуыйæ ахъаззаг ныррус кодта, афтæмæй ма къæсæрæй æр- бадзырдта Михалмæ: — Баба, æз хъазынмæ цæуын!.. — стæй, гæппы- тæгæнгæ, рауад кæртмæ... ...Дымгæ саумигъты бæрзоид хæхты фæсрагъ æрнадта æмæ арв сæгъы цæстау пыйирд... Хур, æрæгвæззæджы бурдзалыг хур, цæстыдза- гæй каст дунемæ æмæ йæ фæлмæн тынтæй зæххы мæцъæл риу рæвдыдта... Михал арф ныуулæфыд æмæ йæ дарæс ивы- ныл схæцыд: Дæлæсыхмæ йæ ныццæуын хъуыд, йæ зианджын æрвадæлтæн мæсæллæйттæ зæгъынмæ.. г. Рустау-
Ф Ы Ц Ц А Г Ц Æ>С С Ы Г Т Æ ...Хъæбæрбаст мыдгъуыз дзыккутæ цнкъæцъар базыл апырх сты. Донбадт цæстыты мæйы фæлывд рухс хъазы... Фæлмас цæстæнгас... Хъулджын, къæс- хуырдзæф уадултæ... Хъæццулы кæрон иуварсмæ фесчънл... гом цоиг, гом дæллагхъуыртæ... риударæ- ны уынгæг агъудтæй хъæбæр риутæ фæзын-фæзын кæнынц йæ алы сулæфтæн... ...Уæрæхгом, хъуыдывæйлыд цæстытæй дыууæ цæссыджы рахицæн æмæ, æрттиваг фæдуадзгæ, æхсыргъуыз уадултыл дæлæмæ æртылдысты... Мæй- рухсы æвзистлæсæн гом фæрссагæй чызджы цæсго- мыл лæдæрсы, йе ’рдзон дыркъуымтæ йын зæлдаг пæлæзы æмбæхсы... Цавæрдæр уаз, æрвон æнгас æрбадт йæ цæсгомыл, æмæ йæ, зæгъгæ, ныр уыцы- хуызæнæй исчи федта, уæд дистыл æмæ джихтыл схæцид: ау, уый, дам, пæ лæгой-чызг у?! Нæхи на- лат, хуыцауыкъахыргæвдæг Сæли?! 0, лæгой!.. Уыцы ном ыл, ичъиау, нындæгъд æмæ йе рагъæй пал комы. Цымæ йæм фыццаг чи бадзырдта уыцы иомæй?.. Æвæццæгæп, баба... ’науæд та — гыцци. «Мæ кæсдæры мып хуыцау лæппуйы уд бæргæ •бауагъта, фæлæ йын буарэсй чызгивддзаг фæци...»— арæх фæзæгъы гыцци. «Уый мын ныртæккæ лæппуйы бынаты ис, лæп- пуйы!.. — феппæлы баба дæр. — Нæ сыхы лæппу- тæй кæмæй нæдæр у? Алкæйдæр сæ йе уонтыл авæрдзæн, мæ фыдыстæн! Фæнды ахуыры хъуыдда- джы, фæнды тыхæй, — фæсте сæ никæмæй фæлæу- дзæн мæ лæгой чызг, уæдæ!..» Дæ куыдзы дæхæдæг цы хонай — адæм дæр уый! «Æ, сау арт ссæуа, уас, Косеры налат чызгыл, кæд уымæ чызджы ’гъдæуттæй ницы ис!.. Абырæг 106
дæр абырæг æмæ уый дæр. Топп ма йын фæсадз йе ’ртты æмæ йæ арвит стыр фæндагмæ тыхгæнæг!»..— ныддиссæгтæ кæнынц сыхы устытæ. Налат — уый Сæлийæ зæгъынц, уæдæ!.. Æгæрыстæмæй дзы, цыма йе ’мкарæн чызджы- тæ дæр сæхи чысыл иуварс ласыпц. Æмæ уым дис- сагæй дæр ницы ис: йæхи куы бамбæрста Сæли, уæдæй фæстæмæ æдзух лæппутимæ хъазы, уыдо- нимæ æрвиты йæ сæрибар рæстæг. Чызджы хъæз- тытыл ахуыр дæр нæу, йæ удхæссæг уыны къæцæ- лын чындзытæй, йедтæй. Стæй дзы, æвæццæгæн, лæппутæ нæмынæй дæр æдас ие сты, æмæ... Йæ бакаст дæр цыдæр лæппуæнгæс у Сæлийæн: къæс^уырæлвæст, къабазджын, гомвад, æдзух цъæр- рæмыхстытæ, йæ алы фезмæлд дæр — цырд, цæхæ- рау, йæ цæстытæ — налат, исты ракæпопгъуыз. Сыхы къæбæдатæ, зæгъгæ, фæткъуыдзуаны, гъе та балтæ давыпмæ цæуынц æмæхсæвы, — кæддæр- иддæр сæ цырв, сæ амипднгæнæг — Сæли. Уыйа- дыл, æфхæрды фыццаг дæр уын фæвæййы: сауæл- гъыст æй фæкæны гыцци, смæсты йæм вæййы ба- ба дæр, фæлæ, марадз зæгъ, кæм уисæп кæны æгæ- нои чызг! Æцæг, иу-цалдæр бонмæ байрох кæпы йæ фыдуагдзннæдтæ, фæлæ та стæй... Айразмæ дæлæсыхаг Бурийы сæхи уыпджы куы снадта, æмæ сæм йæ мад куы слæбурдта, уæд æм къуырийы бæрц дзыхæй дæр нал дзырдта гыцци, баба дæр æм фæтызмæг. Æмæ цы? Цас фæрæдыд, уагæры? Дзæгъæлдзых æмæ æвзагхæссæгæн — иад йæ хуыздæр хос. Беслæнты дидинджытæй дыууæ уардийы ратыдта, æмæ уыцы Бури — æиæхъæн чъина, дам, уыдысты! Йæ зæрде дзы Беслæн стыр бузныг фæуыдзæн! Уый та йын йæхимæ феххæлд, чысыл ма бахъæуа æмæ йын йæ хус къубалыл ба- хæца! Искуы ма, дам, дæ уыцы чызджы кой фе< хъусон, — сар, дам, мын дæ сæр кæны! Уый фæстæ 107
йыл йæхæдæг дæр, — цин дын феноп,— хорз азыл- дис. Уæддæр æй лæгой хонынц æмæ лæгой! Æцæгдæр, афтæ у Сæлийы хабар: йæ номæй дын æм мачи бадзура! Æнæмæнг æм уæлæмхаса^н хъуамæ афтауой: лæгой Сæли, налат Сæли, хуыца- уыкъахæргæвдæг Сæли... Æмæ уыцы хабар кæмдæр æхсызгон дæр у Сæлийæн — лæгой... лæг дæр лæ- джы фæхонынц, бабайы загъдау. О, афтæ хъуыды кодта Сæли ацы райсомы онг. О, райсомы... Фæлæ райсом... Скъоламæ цæугæйæ йæ фæзилæны цур Беслæн æрбаййæфта. Æрбаййæфта йæ лæппу æмæ нын уы- цы чъызгæйæ салам радта. Чызг æм цæмæндæр бы- лысчъилгъуызæй йæ уæхсчы сæрты бакаст. Хъуа- мæ йæ, йæ ахуыр куыд уыд, афтæ, исты хуызы фел- хыскъ кодтаид. 0, хъуамæ исты æлхыскъ ныхас загътаид Беслæпæн, афтæ уыд йæ зæрды, фæлæ æваст лæппуйы цæстытæм фемдзаст æмæ йе ’взаг йæ коммæ иал бакаст, бандзыг, бадургом налат чызг... Хъуынджын, кæрæдзиуыл æмныхæст æрф- гуыты бынæй йæм къæмдзæстыг æмæ хæларæй кас- тысты лæппуйы уæрæхгом цæстытæ... Æнахуыр æмæ диссаг фæкастысты уыдон чызгмæ, ахæм хуы- зы йæм ничима æрбакаст, никуыма федта æнæрцæф чызг ахæм цæстытæ; сæнтæрвгъуыз æмæ гæзæмæ хъоппæгдзæф, уыдон уыдысты уарзт æмæ табуйæ, о, æргом табуйæ семыдзаг!.. — Дæхи... дæхи райсом дæр хорз... — йæ тыхст- улæфтимæ сæппæрста чызг æмæ йæ къæхты бынмæ пымдзаст. О, фыццаг хатт кæмæйдæр аиуварс кодта йæ цæстæигас къæйных Сæли. Хатыд чызг, æнкъардта йæ сонт буары алы чырæгæй дæр йæ уадултæ сырх куыд афæлдæхтой, цавæрдæр, быптон æнахуыр æмæ æхцои æикъарæн йæ къахæигуылдзтæй суанг 108
йæ сæрмæ куыд сгуылф ласта уыцы химæлвас, тых- джын цæстæигасæй... Рæсугъд райсом уыд. Рæсугъд æмæ æнахуыр. Зæхх — дысоны къæвдайæ лæхъир, дзабыры бын- тæ йыл цъелф кæнынц, ранæй-рæтты допцæдтæ фæ- губакк. Уæлдæф — сыгъдæг, æлутон, дидинæфта- уæг зайæгхалы хæрздæфæй — йемыдзаг. Бурдзалыг уалдзыгон хур, къæбæда лæппуйау сау хохы хъуынджын уæхскыл рабадт æмæ дзыхы дзагæй худы. Бæлæсты мæцъæл сыфтæртыл — джыиассуйы æвзист фæрдгуытæ — райсомы æртæх нæма басур, æви къæвдайы сыг у — ацу æмæ йæ ды равзар!.. Фæзилæиы уæле цы стыр дзыхъхъ ис, уый та донæй байдзаг, — чысыл ракъæвда кæнæд, уый йет тæмæ йæ былтæй акæлы, каугæроп ма сур зæххы нарæг уадздзаг аззад, æндæр фæндагыл ахпзæн нал нс. Лæппу чызджы рæзты бауад. Йæ хызып цадæн уыцыфарс, æмбонды михыл, ацауыгъта æмæ фæс- тæмæ фездæхт, чызгмæ йæ къух æрбадардта: — Æрис, аххуыс дын кæнон... — Нæ, мæхæдæг! — фæцырд уый. Æфсæрм фæ- цис? Лæппуйы ныхас æм æгæр къæйных фæкаст æмæ ууыл бамæстджын æви уый сæуæхсиды тæл- мæц йæ уадулыл баныдзæвд?.. ...йæ галиу къухы хызып, иипæмæй æмбонды михтыл хæцы, афтæмæй фæцæйхызт Сæли цады иу- вæрсты. Бирæ йæ иал хъуыд уыцыфарсмæ, афтæ æллæх!.. Хуылыдз дурыл йæ къах фæцъелф ласта æмæ йæм, зæгъгæ, лæппу нæ фæцырд, уæд уæрагмæ цъыфдоны смидæг уыдаид!.. Фæлæ йæм лæппу фæцырд. Фæцырд æм лæппу æмæ чызджы йæ хæмпус цопгæй рацахста. Æмæ уæд æрцыд уыцы хабар... Чызг, æвæццæгæн, йæ 109
фыртыхстæй, — ноджы лæппуйырдæм фæдзой код- та æмæ йыл риу-æмриу бахауд, баныдзæвд. ...Чызгон хъæбæр риутæ лæппуйы риукъæйыл андзыг сты. Уый йыл арв æрхауд, æви дун-дуне æваст зыгъуымырдæм ныззылд?! Куыддæр фæцис чызг, йæ цæстытæ аталынгтæ сты. Стæй, сæрæй къæхтæм йæ дадзинтæ уыцы æмцавд, æмриуыгъд ныккодтой æмæ сæ туджы судзаг уылæн, æхситт- гæнгæ, ныссæх-сæх кодта. Уый зарæг уыд, дадзин- ты зарæг. Удæхцон æмæ уæздан мелоди... Уарзтмонц тарст цæстытæ, къамисæгау, лæп- пуйы цæсгомыл фæтъæбæртт ластой... Уарзæгой, фæлмæн цæстæнгас, фыццаг сæрдасæндзæф чи баййæфта, уыцы æнæлаз уадултæ... Милрихиты тæнпакъуы... Æрмæстдæр иу уысм, уыцы иунæг уысм уыд сæ баныдзæвд, фæлæ чызг фæтарст, фæтарст йæ сонт зæрдæ, йе ’рнæг буар чызгæн уыцы удæхцон, æнахуыр æнкъарæнтæй æмæ лæппуйæ йæхи рас- къуыдта. Кæсгæ дæр æм нал бакодта, афтæмæй уæлæмæ фæцæуæг: тарст уыцы химæлвас цæстæнгасæн, уы- цы судзгæ цæстытæм та ногæй куы фемдзаст уа... Фæлæ йæ лæппуйы цæстæнгас йæхимæ здæхта, зæрдæдзурæнты йæ кодта æмæ йын уыйадыл раз- мæ нал æнтыст... — Уæртæ уарзæттæ фæцæуынц!... Ха-ха-ха!.. Уарзæттæ фæцæуынц!.. — сæ хæдзары тыргъæй сæм разарæгау кодта Бури — бурдзалыг, дзыгъуыр- дзæсгом, Сæлийæ зына-нæзына къаннæгдæр лæппу, йæ раззаг дæндæгтæй дыууæ цух. — Цы?! Цы зæгъыс, уый, æнаккаг?!—фес- тъæлфыд чызг. — Ныртæккæ дын де ’ннæ дæндæг- тæ дæр бапырх кæндзынæн!.. — Ха-ха-ха!.. Уас мын дæ зынг ахуысса, Бури, кæд рæстытæ нæ зæгъыс!.. — æмбопды сæрты.йæ 110
сæр радардта лæппуйы мад, — фыдцъылыс, фыд- æвзаг сылгоймаг. Дзургæ, цыма Буримæ кæны, — йæ цæстæнгас та Сæлийы ’рдæм у. — Æз ма уый куы фехъусин æмæ Косеры лæгой чызг дæр искæй бауарза!.. Æниу ын йæхи дæр чи... лæгой чызгæй чи цы кæны... Фыццаг хаТт æм хардзау æркаст уыцы ном Сæлимæ. Йæ зæрдæ фырмæстæй атыппыр чызгæн, цæхгæр сæм фæстæмæ фæзылд, хъуамæ алывыд- тæ акалдтаид Сиукъианæн, Бурийæн та æнæпæмгæ амал нал уыд, фæлæ æваст пæ цæстызул лæппу- йы æндарыл сныдзæвд æмæ æрцыд æнахуыр дис- саг: ницыуал сфæрæзта зæгъын, йæ тардзæгъдæн йæ былалгъыл бамыр Сæлийæи, йæ сæр йæ ри- уыл æрæппæрста, цæстытæ доны разылдысты, æмæ афтæ сæркъул, æнæссыбырттæй рараст сæ цу- рæй... — Уæдæ, уæдæ, ничи, уæртæ йæм Беслæп æдзух сусæгæй куы кæстытæ кæпы! Цалдæр хатты йæ мæхн цæстæй федтон! — æрбайхъуыст ма йæм фæстейæ Бурийы ныхас æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. «Саубонтæ мыл, уæд та ма сып уыцы лæппу дæр фехъуыста сæ ныхæстæ, уæд, хæрзаг ма зæ- гъа... Хæрзаг ма зæгъа, æз сæм барæй ницы сдзырдтон...—хъуыдытæ кæны чызг, тыхсы, йæ мидуаты рафт-бафт кæны. — Нæ, фæлæ пын цы цæстытæ ис, уæддæр... къæппых æмæ уый æмрæс- тæджы уарзæгой... О, уарзæгой æмæ нымæхст та- буйæ семыдзаг...» — лæппуйы сурæт нал æмæ н.ал æфты йæ цæстыты разæй. Уарзтмонц æрнæг буар иунæг уысм, о, æнæхъæи æнусæмдаргъ уысм, аныдзæвд лæппуйы цæхæр уæнг- тыл æмæ ныр цыдæр æнхъæлцауæй иыидзыг йæ- химид. Æргъиухъæбæр, рæзгæ риутæ скъуын- дæгуæвæг риударæны нал цæуынц, æнæрхъæцæн 111
рæдувынц æддæмæ, сæ хъæддых цыргъытæ иунæг хатт, æрмæст уыцы иунæг хатт банкъардтой лæп- пуйы зæрдæйы цавд æмæ сæ фæнды ногæй уымæ байхъусын, йæ тæвд риукъæйыл бамыдул уæ- выи... Не ’мбары чызг, цы йыл æрцыд, ног æмæ йын æнахуыр у уыцы æпкъарæп, æмæ уыйадыл æпæм- бæрст тас æмæ æхцоны æнхъæлцауæй сопт хæл- бурцъ кæны йæ зæрдæ, дыркъуым, хъулджын уа- дултыл æнæвгъау лæсынц цæссыгтæ... Мæй йын сæ йе ’взист базырæй сæрфы, фæлмæн рæухызæ- джы йыи тухы йæ мæцъæл цæсгом. Уæлвопг цъæх арвыл æрттпгъ стъалытæ ныдж- джих сты, лæмбынæг хъусыиц дыргъдопы ногдзыд къуыбыр йæ цъæх агъуд куыд рæдувы, уымæ. Уалдзыгоп хъарм уддзæф сыфтæртпмæ зары... уарзондзинады æнусон зарæг... «ÆРТÆМÆЙОН ÆФСАД» — Бирæйы амонд фæвæййы æфсинæй дæр æмæ лæгæй дæр! Æмæ уæд æз кæмæй цауддæр дæн, кæмæй пæдæр чызг уыдтæп, мæ амопдскæиæгæп мацæмæй скуывдæуа... — гуым-гуым кæны йæхимид Хуысипæ. Ие ’фсип Багиап бады ныллæг æртыка- хыгыл фæрссаггæрон, æмæ цыма хъусгæ дæр ницы кæны, уыйау æнцад-æнцойæ цъында бийы йæхицæн. Бакæсы йæм чыпдз йæ хъоппæг, сау-сауид цæстытæй æмæ йæ урсцъар, дæргъæлвæс цæсгом 112
фырмæстæй азылынтæ вæййы, къæлæс æрфгуытæ кæрæдзимæ сæхи æрбассивынц хæмпус, сырха- хуырст былтæ сæхивастæй асчъилтæ вæййынц — къæхтыбынæй ныуулæфы æмæ йæ разы тасы ми- дæг, цы æхсинæгтæ ис, уыдоныл пæ пырх акалы. Мæсты у Хуысинæ, тынг мæсты, дысон Алым- бег хæдзармæ цъæхрасыгæй кæй æрбацыд æмæ сæ æмбисæхсæвмæ улæфын кæй нæ бауагъта, уый тыххæп; уæдæппырмæ йып Багиан (о, уый йæ масты сæр, йæ фыдæхы сæйраг у!) йæ хыл, йæ тардзæгъдæнмæ афтæ æнцад кæй хъусы: йе ’фсин, сыхы зæронд устыты ’хсæн (афтæ нымайы Хуысинæ) уæлдай æргъæвст, уæлдай сабыр кæй у, ууыл. Зын ыи у, Багиан ныртæккæ йæ фарсмæ кæй бады, суанг ма уыимæ иу уæлдæф кæй улæ- фы, уыцы хабар дæр. Иудзырдæй, зæгъгæ, зилгæ- дымгæ сыстад æмæ зæронд усы авд хохы фалæмæ амидæг кодта, — йæ риуыдзаг сулæфид чындз! Æмæ йæм цæуыл афтæ фæхъызыд, дæ зæрде? Бынтоп иицæй тыххæй! Цæвиттон сæм айразмæ Хуы- синæйы фыдыфсымæр Цорæ уыд уазæгуаты. Лæг хæдзары нæ уыд, фæлæ йыл дыууæ усы куыннæ бацин кодтаиккой! Багиан уадид сыхæгты лæп- пуйæн карк æрбаргæвдып кодта, Хуысинæ та уæ- ларынг балæууыд. Дзырд дардыл у, фæлæ уалын- джы фынг сцæттæ æмæ Цорæ фыпджы сæр æр- бадти. Куыд æмбæлы, афтæ, хуыцау æмæ Уастыр- джийæн бафæдзæхста зæроид лæг бинонты, йæ сыкъа авдæлон кодта æмæ уæливыхы карстæй ахордта. Раст йеуæд æрцыд уыцы бæллæх! Лæг йæ къæбæр йæ дзыхæй пæма æриста, афтæ йæ цæсгом æнахуыр зылыптæ ацис, йæ дзыхмæ фæ- лæбурдта æмæ дзы уыцы сау-сауид, даргъ хъуын куы раласид! Арвы цæфау фæцис зæроид лæг: нал йæ комыдзаг нынныхъуырынæн уыд, нал йæ рап- парын арæхст. Иудзæвгар афтæ æндзыг комхæли- 8. Тедеты Р. 113
уæй аззад, стæй фестад æмæ йе ууылддзаг тыр- гъæй аппæрста. Цыма сыл арв æркалд, уыйау фесты дыууæ усы. Æрæджиау Хуысинæ йе ’муд æрцыд æмæ фын- гæй уыцы æнæхаиры æрду фелвæста. Æпну цæй æрду! Æиæхъæн æрмæрины йас сау-сауид хъуын! Стæй уымæй дæр къæбæлдзыг. Раст, залиаг калмау, йæ къухы здыхстытæ кодта. Фелвæста уыцы сыгъ- дыбауинаг хъуын Хуысинæ æмæ йæ пе ’фсипы цæстытæм бахаста: — Алæ, уый дæ хъуынтæй куы у, дæ хъуынтæй, не ’фсин! Зæгъын ма кæцæй фæцис... — дзуры йæм бынтон фæлмæн, æнцой хъæлæсæй. Хъуыддаг, чизоны æмæ бынтондæр ууыл ахи- цæн уыдаид, — хъуын хъуын у, атомон бомбæ куы- нæ у боныфæстагмæ. Багиан куы ницы сдзырдта- ид уæд, фæлæ... — Мæнæн мæ сæрыхил раджы сурс, уый та сау у, — йæ комыдзаг йæ дзыхы фæбадт зæронд усæп. — Дегæрылæй, пе ’фсин, æмæ утæппæт хъуын- ты иу сау æрду мауал разындаид?.. — О, фæлæ... æз арынгмæ æввахс дæр куынæ бацыдтæн, дæхæдæг куы архайдтай, — йæхи та ба- къултæ кодта зæронд. — Æмæ дын хъуын ахæмтæ нымайы цы, не ’фсин?. Кæм-фæнды мæ ’рхауа, уæддæр йе ’мхиц хæринагмæ у, — сдзырдта та Хуысинæ, уыцы фæл- мæн дзыхæй, æмæ Цорæйы ’рдæм къæмдзæстыгæй бакаст. Уæздан лæг уыд Цорæ. Цыма никуы æмæ ни- цы, уыйау йе схъæл рихитæ адаудта æмæ фæстæ- мæ фынгыл æрбадт. Иу-цалдæр сыкъайы ма апу- æзта, æфсæрмæй цыдæртæ ахордта æмæ рафардæг сæхимæ. Ацыд Цорæ йæ фæрныг хæдзармæ, фæлæ уыцы бонæй ацы бонмæ чындз æмæ æфсин кард æмæ 114,
фыд фестадысты. Растдæр зæгъгæйæ та — сæгъ æмæ бирæгъ. Бирæгъ — Хуысинæ, æфсин та — сæгъ. Хæры æмæ йæ æргæвды уыцы бонæй Хуысинæ. Багиан дæр æм, цыма, фыццаг цыдæртæ сныхæстæ кодта, фæлæ йæ бон куы базыдта, уæд йæхицæн сбадт, арсимæ кæрдо чи цæгъды. Хуысинæйы фыд- сылимæ тох чи амайы! Дæ фыд-зæрдæ уыимæ фæдзурыныл уæд. Уæлдайдæр та уыцы хабары фæстæ бынтон фæзæрдæфæлдæхт: кæм бады, кæм цæуы, уым æдзух йе ’фсины фыдгой, йе ’фсины ’фхæрæп кæны. Хæдзары та архайы, исты хылкъа- хæн дзы ракæна. Ницы йæм сдзуры Багиан, мæ- гуыр, йæхи ныггоби кодта. Фæлæ уыцы хабар по- джы цырендæр кæны чыпдзы: хардзау æм кæсы йе ’фсины мадзура. Фылдæр хатт уыцы æнæхаиры хъуынтæй рай- дайы йæ загъд. Цæмæфæнды ма февнала Хуыси- на, уадид дзы æрду фелвасы. Сисы йæ бæрзонд дыууæ ’нгуылдзæй, æлгъгæнæгау æмæ зæрондмæ бадзуры: — Мæнæ та дæ хъуынтæй иу, не ’фсин... Кæдæм ма сæ фæлидзон, ницыуал мæ сæрæи зонын, нал нæм хæринаг хæринаджы хуызæн у, иал сыгъдæг сыгъдæджы хуызæн, сыхбæсты фидиссагæн баз- задыстæм... — Омæ ма сын цы бакæнон, уæдæ, баст мып куы вæййынц æдзухдæр... — йæхи бамæгуыртæ кæпы хатт Багиан. — Ивзийынц дын, ивзийынц, мæ хорз æфсин, æмæ хъуыны та кæрдæн нæ уромы! Ау, уыйбæрцтæ дæр пал æмбарыс? Æви уыцы хъуынтимæ дæ зонд дæр аивзыд? — сдзуры йæм Хуысинæ гуымир, хъæ- бæрдзыхæй. Мæстæй тъæпп хауы Багианы зæр’дæ, фæлæ цьг кæна? Ницы ’зæгъы Алымбегæн дæр. Ныр иæ иу- 115
нæджы цард куыд сдзырддаг кæна, дыууæ уды ’хсæн куыд бацæуа? «Сæхæдæг мын дзæбæх уæнт, уый йеттæмæ æз абонæй соммæ дæн æмæ куыд- фæндыйæ дæр уыдзынæн...» — хъуыды кæиы йæ- химид. Бирæ зындзипæдтæ бавзæрста йæ царды зæ- ронд ус. Афæдзы бæрц дæр нæ рацард йе ’мкъа- имæ, афтæ хæст райдыдта æмæ Германы ныхмæ хæцынмæ араст йæ цардæмбал. Фæцу æмæ мауал ^ерцуйы фæндаг уыд уыцы фæндаг Алымбеджы фыдæн. Рæсугъд сылгоймаг уыд Багиан. Рæсугъд æмæ сæрæп уæвгæйæ йыл дзурджытæ дæр дзæвгар уыд, фæлæ никæмæн ницы ком радта: идæдз усы кæрдæ- ны батыдта йе ’взопджы бонтæ. Иунæг сылонды- хæй схъомыл кодта йæ ныфсы бындар Алымбе- джы, ракодта йæ адæмы рæгъы, æмæ мæнæ ныр... — Уыцы лæг дæр хæдзармæ нал цæуы, хæдзар- хæлд æрбауа! Иу-дыууæ бедрайы мын дон уæд- дæр сдавтаид афопмæ! — суагъта йе ’взаг Хуыси- нæ. — Цæмæп æй æлгъитыс, дæ нывонд æрбауоп, уый дæр дзæгъæлы куынæ бады. Райсом фæпдаг аразыимæ ацыд, — нæ фæразы зæропд йæ фырты ’фхæрд. — Фæндаджы сæрдæптæ фæут иууылдæр мæ тæригъæдæй! — дуар йæ фæдыл рагуыпп ласта чындз æмæ æд бедратæ æддæмæ рауад. Араст Хуысинæ суадонмæ æлгъитгæ æмæ хъуыр- хъуыргæнгæ. Багиаи та баззад йæ катай, йæ са- гъæстимæ. Хуысинæ фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд ын са- бырæй афтæ бакодта: — Чындз, дæ нывонд мæ хуыцау фæкæнæнт, фæ- лæ... уæдæй нырмæ хъуыды кæнын æмæ мæ сæрмæ ницы зонд æрцыд. Ныр, кæд дæхæдæг исты зоныс, 116
уæд мын æй бацамон, — уыцы дзыккуты тых- хæп дын зæгъын, — æмæ æз дæр афтæ бакæн- дзыпæн... — Æмæ дып цы хос скæнон,» æстдæсаздзыд чызг дæ куынæ фестын кæндзынæн, мыййаг. Æр- балвып сæ деддæ, уый дын сæ хос! — сдзырдта йæм гуымирæй чыпдз. Иу боны бонцау хъыпп-сыпп пал схаудта зæ- ронд усы дзыхæй, стæй къæхтыбынæй ныуулæ- фыд: — Хорз. Дæ дзырд фод, чыпдз. Æрбацыбыр- тæ мын сæ кæн, кæд æндæр мадзал пал ис, уæд, — йæ сæрбæттæны дысæй йæ цæстысыг асæрфта æмæ иуварс азылд. — Уый дын мæ быгъдуан, не ’фсин! — фæцырд Хуысинæ. — Ныртæккæ дын сæ а-чызг афтæ æр- цыбыртæ кæндзæн, æмæ... — фестад, сыхаг хатæ- нæй хæсгард æрбадавта, йе ’фсины раз дзуццæ- джы абадт æмæ йын болат хæсгард йæ урс дада- литы рæбып æрбавæрдта. Бæргæ ма ныббогъ ласта Багиаи, бæргæ ма фæлæбурдта дыууæ къухæй йæ сæрмæ, фæлæ ма цафоп! Рагæй фæстæмæ буцæн цы дзыккутæ дард- та, йæ чызгон рæсугъддзинадæи ма йып цы иупæг æвдисæидар уыд, уыдон, сæ рæбыпыл кондæй, йæ размæ æркалдысты. — Тыхсгæ ма кæп, не ’фсин, иыртæккæ дып ахæм прическæ ацараздзынæн æмæдæм чындздзон чызджытæ дæр хæлæг кæндзысты. Мæнæ ма дын сæ чысыл барæстытæ кæнон, — ног та йын йæ сæрмæ бавиæлдта Хуысинæ. Цы ма йыл дардыл дзуроп: хæсгардæп чъепп- чъыллипп, чъепп-чъыллипп, æмæ зæронд ус айдæ- ны куы акаст æмæ йæхи уыцыхуызæпæй куы фед- та, уæд нычйеудодой кодта, мæгуыр, йæ сæрыл, 117
æфсонæн, иу æрду нал аззад. Фысылвыд æй скод- та Хуысинæ! — Уый мын, Иратаманы цы пе ’рцыд, ахæм хъуыддаг куы бакодтай, мæ чындз!.. Уагæры мæм цавæр фыд-зæрдæ хастай? Дæ цæст сау дæр дын куы никуы загътон, уæд дæ къух та куыд фæта- сыд. Мæхи ма æддæмæ куыд равдисон, къуыппæн зарæг мыл куы скæндзысты!.. Æвæццæгæн ын йæ мойы амард дæр уый пæ ракодта, Хуысииæйы бакæнд ын цас бакъуырдта йе ’фхæрд зæрдæ. Йæ дзыккуты фарсмæ æрты- къахыгыл æрбадт æмæ, æнахъом сабиау, хæ- къуырццæгæй куыдта зæронд ус. Хорзау нал фæцис Хуысинæ йæхæдæг дæр: ома йæ бакæндыл фæсмон мыййаг не ’ркодта, фæлæ йын ацы хабар цы расайдзæн, уыимæ дзырдта йæ зæрдæ, æмæ алы ныфсæвæрæнтæй йе ’фсины æрсабыр кæныныл архайдта. Зæронд ус та йæ урс дадалитæ йæ хъæбысмæ æрбамбырд кодта æмæ сыл, ризгæ армæй лæгъзытæгæнгæ, стыр мардæр- цыдау, хъарджытæ нывæста. Хуысинæ йæм иуафопы фæкомкоммæ æмæ пып- пыррыкк ласта. Æмæ, æцæгдæр, цыдæр худæг æв- зæрыи кодта Багианы бакаст: мæллæг, даргъ къубалыл цурчы хуызæн сæргæхц, цыма барæй æрсагъди, уыйау зыпд. Бауырнæд уæ, хæсиагæн ыл иу æрду нал ссардтаиккат, бæрзæйы счъилты ма цы цалдæр хъуыны аззад, уыдон куынæ ны- майæм, уæд. — Хуыцау дын бирæ худæджы бонтæ радтæд, мæ дзæбæх чындз, æмæ дын мæнырдыгæй барст фод ацы фыдми, фæлæ худæджы хал цæуаг кæй у, искуы дæу дæр зæронд кæнын кæй хъæудзæн, уый дæ зæрдыл дар... — чизоны ма йæ цы зæгъын фæн- дыд, ’фæлæ уалынджы æддейæ Алымбеджы ныхас æрбайхъуыст æмæ зæронд фестад. Иæ дзыккутæ 118
йæ сæрбæттæпы атыхта æмæ мидæггаг хатæпмæ бахызт. Хуысннæ исдуг цыма фæтыхст. Стæй Багианыл хатæны дуар бахгæдта, хъуынызгъæлæнтæ тагъд- гомау рамарзта æмæ, хæсгард йæ къухы, афтæ- мæй пицыгæнæджы лæуд скодта. Хъымхъи (мæ дзырды скойæ уæ нæ тæрсын, фæлæ нæм уæлдай номæй афтæ хопынц Алымбе- джы. Æвæццæгæн, схæц-схæц æмæ хъым-хъымгæн- гæ кæй дзуры, стæй дæр иучысыл гобидзæф кæй у, уый фæдыл), мидæмæ æрбахызт, йæ хъæбысы — сæ чысыл чызг Зинет. V — А-а, ацу ныр дæ м-мадмæ, — сабийы зæххыл ’æрæвæрдта, йæхæдæг хихсæнмæ бацыд, йæ къухтæ цæхсадта æмæ фынджы сæр æрбадт. — Иисты ма мын фен, у-уартæ у-с, райсомса- рæй к-кæрдзыны хъæстæ нæ дæн... — Ныртæккæ, пыртæккæ, мæ къоиа! — цъилау ныззылд Хуысинæ. — Ныртæккæ дын æппæт дæр æрдавдзынæп... Æцæгдæр, фынг уадид арæвдз кодта Хуысинæ. Ацы хатт ма йæм арахъхъы авг дæр.разыид æмæ Хъымхъийы цæсгом фæрухс. — У-уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, Хуыгиан, — йæ дзæбæх зæрдыл-иу куы уыд, уæд-иу афтæ хуыдта Хуысипæйы. — Фæлæ дæхæдæг цы кæныс, æппын дæ хуызы мур куы нал ис, уæд? — Куы ницы... чысыл мæ сæр риссы, æп- дæр... — агуывзæйы йып арахъхъ æркодта ус.— Иу уал аназ, хуыздæр бахæрдзынæ. — Æм-мæ гыцци та кæм ис, ам ц-цæуылнæ ба- ды? — афарста йæ Хъымхъи. Ус йæхи пицыфехъусæг скодта, фæлæ та йæ лæг дыккаг хатт куы бафарста, уæд ма йын цы гæиæи уыд? Иæхимæ ис, зæгъгæ, йыи сыхаг ха- тæнмæ ацамыдта. 119
— Æмæ ардæм цæуылнæ цæуы? Ц-цом, æз æм фæсидон, — йæ бынатæй сыстад лæг. — Нæ, нæ, ныууадз æй. Æрдæбонсарæй цыдæр йæ сæрæн нæу æмæ улæфгæ кæны! — йæ цæсгом ацъæхтæ-буртæ Хуысинæйæн. — Стонджы йын нæу, чысыл раздæр ахордта, ныр, уадз, æмæ æрулæ- фа... — Ккæд афтæ у, уæд хорз, — усмæ дызæрдыг- гъуызæй бакаст Хъымхъи æмае йæ быыаты æр- бадт. — Гыцци, уæртæ дæм иу ус дзуры... — фæрссагæй æддæмæ ацамыдта Зинет. / — Быныскъуыд суæд иууылдæр, лæджы ма/ адæи къæбæр хæрын дæр куы бауадзой!.. — на^ фæндыд Хуысинæйы æддæмæ ахизын, йæ мойы иу- нæгæй фæуадзын, фæлæ йын ницыуал гæнæн уыд, хъуыр-хъуыргæнгæ рахызт. Хъымхъи йæ путрихиты бын цыдæртæ багуым- гуым кодта æмæ йæ арахъхъ ануæзта. Ног та æр- кодта. Ацы хатт йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ сыстад. Кæд гыцци фынæй у, зæгъгæ, йæ къах- фындзтыл мидæмæ бацыд æмæ дуары зыхъхъы- рæй бакаст. Бакаст гыццийы хатæнмæ Хъымхъийы гоби æмæ æваст, цыма æхсидавыл фæлæууыд, уыйау фесхъиудта йæ мидбынаты. Ай та цы диссаг у, зæгъгæ, йæ цæстытыл пæ баууæндыд лæг æмæ та ногæй йæ цæст зыхъхъы- рыл авæрдта. Фæлтау саугуырм куы бауыдаид Хъымхъи, фæлтау куы бакъуырма уыдаид йæ дыу- уæ хъусæй дæр æмæ уыцы æбуалгъ иыв куы нæ федтаид, уыцы удсæттæн ныхæстае куынæ фе- хъуыстаид!.. Ныллæг бапдоныл, Хъымхъимæ фарсæздæхчтй бадт зæронд ус æмæ, йæ лæгуын сæр дыууæрдæм 120
тилгæйæ, ныллæг хъæлæсæй хъарæг кодта йæхи- уыл: — Уæ, мацæмæй дын скуывдæуа, ме скæнæг хуыцау, кæд мын ай цы хъизæмар æвзарын кæ- ныс... Адæмы ’хсæн æнæуаг, фыдных усæй куынæ рацардтæн, æмбисонд мæ сабыр, мæ барон куы уыд, уæд мæ ахæм уагмæ цæмæн æрæппæрстай зæронды бон?.. Уæ, мæ иунæг, мæ сомыгæнæп чындз, æвзæры дын куы ницы бацыдтæн, уæд мып ай цы бакуыстай?.. Адæмы рæгъы дæр ма куыд ра- цæуон фысæлвыд, сæгъгæрæмтæй?.. Куы мæ фæр- сой, цы дыл æрцыд, зæгъгæ, уæд-иу сын цы дзуапп радтон? Мæ хорз чындз, дам, мæ æртæмæйон æф- сады æрвиты, æмæ, зæгъ, мæ развæлгъау фысæл- выд ныккодта? Уæй, цы ма кæнон, мæ иунæг сæры къоппаны кæдæм фæхæссон. Мæрдтыбæстæм дæр мæ фæндæгтæ æхгæд куы сты! Куыд ма балæудзы- иæп йæ разы уыцы мæгуырæп дæр, цы йып зæгъдзьь нæн? Ацы хуызæнæй мæ куы фена, — йæ ингæны дуæрттæ куы пыссæтдзæн. Уæлдзæхмæ куы слæбур- дзæн... Уæ, мæ иунæг сæр, сæрылхæцæг дæр дын куыиæуал ис æмæ фарсхæцæг дæр... Науæд кæмæи бахъарон мæ тæригъæд, мæ иунæджы цард мæхи ’взагæй куыд байхалон?.. Уæ, мæрдты авд дæл- дзæхы куы ныххаудаин ацы худинаджы бæсты! — куыдта, дзынæзта зæронд ус æмæ йæ лæгуыи сæр додойаджы тылд кодта дыууæрдæм. Нал .бафæрæзта дарддæр уыцы æнахъинон фенддагмæ кæсын, уыцы зæрдæмарæн ныхæстæм хъусын Хъымхъи æмæ, мæстæп судзгæ, р^гæпп ласта æддæмæ. Йæ зæрды уыд алывыдтæ акалын Хуысипæйæн, чизоны æмæ йæ дзæбæх над дæр скæнын, фæлæ æваст æндæр хъуыды фегуырд йæ сæ- ры. Исдуг ма тарæрфыг, хъуыдывæйлыдæй алæу уыд тыргъы, стæй фæстæмæ баздæхт æмæ йæ- 121
арахъхъ ануæзта. Ног та æрыдзаг колта йæ агуыв- ?æ. Уалыпджы Хуысинæ дæр фæзынд. — Къæбæр цæуылнæ хæрыс, уæртæ лæг, уыцы •арахъхъ дын искуыдæм ирвæзы?—афарста йæ, хъæлдзæггъуыз æвдисгæйæ. — И-йед у... абон мын уæ хъæуккаг лæг дæ ма- дæй афтæ, дзырдта, дам, уæм æмæ йæ, зæгъын, куы абæрæг кодтапккам... Хуысинæйы ма æндæр цы хъуыд! Æнæуый дæр сыпдзытыл лæууæгау лæууыд ацы ран, Хъымхъи йæ мады хабар куы базонайы тасæй, ныр ын фа- дат фæцис рæстæгмæ йæхи бааууон кæнынæн æмæ бацырд. — Уæдæ, уæдæ, абæрæг кæнын æй хъæуы, ра- гæй йæм нал уыдыстæм! — уæддæр йæ мид-зæрдæ- йы цыма цæуылдæр фæгуырысхо æмæ йæ моймæ фæлварæджы каст бакодта. Фæлæ чæй, пицы та- сы æууæлтæ ссардта йæхицæп Хъымхъийы гуы- мирвад, æргом цæсгомыл, æмæ уæд æрсабыр.æмæ йæхи рæвдз кæныныл схæцыд. Хъымхъи дæр уæдмæ йæ бæхы бæхдонæй ра- кодта æмæ фæллад хайуаны бæхуæрдоны баиф- тыгъта. — Сывæллоны дæр акæпæм нгмæ? - балца- рæзтæй йæм радзырдта тыргъæй ус. Хъымхъи исдуг цæуылдæр фæхъ^ыдыйыл, стæй йæ къух ауыгъта: — Ракæн æй, уый дæр ма ам цæмæ уадзыс, — æмæ бæхуæрдоиы сбадт. Хуысииæ дæр йæ чызг Зипетимæ бæхуæрдон- мæ схызт æмæ чысыл фæстæдæр Хъымхъи æд би- нонтæ араст йæ каистæм. Быпатмæ сæ иудзæвгар ауайып хъуыд. Хуыси- нæ фæндагыл дзырдирхæфсæн кодта йæ мойæн, алы мадзæлттæй архайдта йæ бахъæлдзæг кæны- ныл, фæлæ Хъымхъийæ иу хъыпп-сыпп н<- е\ауд 122
æгас фæндагыл: хъуынджынæрфыг, æмырдзыхæй бадт æмæ йæ бæхмæ æнæрынцойæ æвзыста. Йæ цæстыты разæй не скъуыд йæ мад Багианы æна- хъинон сурæт, йæ хъусты зæлыдысты йæ ныхæс- тæ: «...Мæ хорз чындз, дам, мæ æртæмæйои æф- сады æрвиты, æмæ, зæгъ, мæ развæлгъау фысæл- выд ныккодта. Уæй цы ма кæнон, мæ иунæг сæры къоппайы кæдæм фæхæссон!?..» Ахæм рæстæджы-иу Хъымхъи къæхтыбыпаей ныуулæфыд æмæ-иу йæ бæхы рагъыл ехсæй ра- лæууыд. Хуысинæ дæр йæ дзырдсайæнтæй банцад: бамбæрста йæ мой йæ уагыл кæй нæу, æмæ хуыз- дæр уыдзæн йæхи адыл æй куы ныууадза. Хур хæхты аууон ныттылд. Йæ сырх тыптæ ма æрвгæрæттыл сæ тых хъардтой, афтæ ныххæццæ сты Хуысинæйы фыды хæдзармæ. Бппоптæй хæдзары ничи разынд мады неттæ- мæ: тæккæ уалдзæджы куыстафон уыд, æмæ, æвæц- цæгæн, цæхæрадоны исты архайдтой. Фæлæ мад уыцы цæнгтæтыгъдæй сæ размæ рауад, йæ чыз- джы хъуырыл ныттыхст, иыцциитæ йыл кодта. Уæлуæрдонмæ райста сиахсы къух дæр. Хъымхъи чысыл дæлдæр ныууад, бæх разылд- та æмæ сæ цуры æрлæууыд: — Гъа, м-мæнæ адон дæр айсут, — гуыффæйæ сæм цыдæр хæссинæгтæ æрлæвæрдта. — Æмæ дæхæдæг пæ хизыс? — хæрдмæ йæм скаст Хуысинæ. Хъымхъи «нæ», зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Ау, æмæ уæд цæуылнæ? — йæхи бамæтгъуыз кодта Хуысипæйы мад, бурхил, къæсхуыртæ сыл- гоймаг, — раст йæ чызджы халдих. — М-мæхи с-сымахмæ не ’вдæлы. Æнæвдæлои дæн мæхæдæг, — тарæрфыгæй сын сдзуапп кодта лæг. 123
— Æмæ уæд... мæ кæнынмæ та кæд æрбаздæх- дзынæ, Хъымхъи? — адæргæй нал фæхъуыды код- та ус йæ моймæ фæспомыгæй кæн бадзырдта. — Дæ кæнынмæ, зæгъыс??! — фырмæстæй йæ сау цæстытæ цæхæртæ акалдтой лæгæн. — Мæнæ мæ мад æртæмæйон æфсадæй фæстæмæ куы æрæз- дæха, уæд дæм æз дæр зындзынæн, бамбæрстай! — бæхы фарсæн ахъаззаг цæф ныккодта ехсæй Хъым- хъи. Бæх дæр уыцы иу схъиуд фæкодта йæ мид- быпаты æмæ цæстыфæныкъуылдмæ бæхуæрдоп фæ- зилæнæй фæаууоп. Хуысинæ æмæ йæ мад йæ фæдыл къæппдзых, æргъуыйауæй кæсгæйæ, баззыдысты... ХÆСТ РАДЖЫ ФÆЦИС Æмбисбон. Фырæптæфæй сулæфæп иал ис. Арв — сæгъы цæстау ирд æмæ сыгъдæг, — мигъы быи- дзыг хæснагæп дæр пе ссардзынæ йæ денджыз- гъуыз, æгæрои къуырфæджы. Сусæпы хур йæ равджы бацыд; арвы бæстас- тæу æрцауындзæг æмæ йæ судзгæ тыитæй дупемæ æвзиды. Зæххы уæлцъар, тæвднизæй рынчыны был- тау, ныскъуыдтæ, ныффæстытæ. Гоймагæй, зайæг- халæй се ’ппæт дæр тыхсыиц, цæрд-сыгъд кæ- ныпц уыраугæ хуры азарæй. Нартхоры мæигæфсир хæтæлтæ сæхпмпд пыр- руадысты, æдзарды бурхуыз сыл бахæцыд. Сæ хус, хъæбæр сыфтæ ма, кæрæдзийыл маройгæпæ- гау, удаистæй бахыбар-хыбур кæнынц уддзæфы 124
тæвд комулæфтмæ. Бургуыбын джитъритæ сæ фæ- тæн сыф-æрмттæй хураууæттæ скодтой æмæ фæл- масхуызæй æрфынæй сты. Саухъулон харбызтæ æмæ даргъæлвæс неситæ дæр зæххы хус риуыл куыд-фæндыйæ нцффæлдæхтытæ сты æмæ, хъыс- мæты хæсфидæгау, хуры æгъатыр тынтæм сæхи дзæгæрæг кæнынц. Цамел, — æмбискардзыд, къæсхуыртæ нæлгой- маг, æнкъардгъуызæй бады дыккаг уæладзыджы уæрæхтæ тыргъы галдзармæй æмбæрзт хъæдын тъахтипыл. Йæ разы æртыкъахыг тымбыл фынг, цъæха- хуырст термос æмæ тæбæгъыл æвæрд агуывзæимæ. Лæг йæ рæмбынкъæдзтæ фынджы тигъмæ ныб- быцæу ласта, уæзæгæвæрд армытъæпæныл цурка- мад, ^гæллæг роцъо æрæнцад æмæ куыстдзагъд хъуынджын æигуылдзтæ уадулы арф æпхъырдтæ бамбæхстой. Æрвгъуыз, гæзæмæ сæ къуырфыты ныгъуылд цæстытæ астæрдыл иу тæпмæ ныдздза- гъыр сты æмæ фæиртæсын нал комынц. Пыхцыл æрфгуытæ цæргæсфындзы рæбын кæрæдзимæ сæхи балвæстой æмæ тызмæггъуыз кæпынц лæджы фæл- мас цæсгом. — Ехх, ныр ацы куыстафоп алчи йæ къухтæм æмхасæнтæ кæны æмæ æз та æрттæдæлармæй хъуамæ бадон!.. Уас, мæрдты дæлдæр иыххауой хæст æрæмысджытæ!.. — къæхтыбынæй ныуулæ- фыд Цамел æмæ термосæй агуывзæмæ дон æр- кодта. — Дада, уæлейæ дæ!? — фехъуыст æм иуафоп Зæринæйы хъæлæс кæртæй. — Ам дæн, ам, мæ чысыл хур, разгъор мæм тагъддæр!.. — фæрухс лæджьгцæсгом. Саби-чызг асинтыл цæрдæг суад æмæ йæ зæ- ронд фыды хъуырыл ацауындзæг: — Зоныс, бабаитæ суадоныйонг æрбахæццæ 125
сты!.. Къанау афтæ арф у æмæ мæ иууылдæр æм- бæрзы... Зæгъынц, мах цæхæрадоныл, дам, æй хъуа- мæ рафæд кæной, æцæг? — О, йæ иу къалиу нæ зæххы фадыгыл рацæу- дзæн. — Æмæ уæд... Уæд мын мæ дидинджытæ нæ фæ- ласдзæн?! — фелхынцъ сты йæ къæлæс æрфгуытæ чызгæн. — Ма тæрс, ницы сын кæндзæн, — Зæринæйы къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ рæвдаугæ адаудта Ца- мел. — Уый нæ, фæлæ, донæфсæстæй ноджы тынг- дæр райхæлдзысты дæ уардитæ, ноджы рæсугъддæр уыдзысты, мæ чызг. — Æцæг?! Уæдæ хорз. Æз та ма сын тæрсгæ кодтон. Ракæс-ма, мæнæ куыд хус кæнынц!—йæ раздарæны дзыппæй фæлурсбур уарди систа Зæри- нæ. Дидинæг, æцæгдæр, раст æй цыма цæхæрмæ бадардæуыд уыйау, уыд хурысыгъд æмæ æм- пылд. Йæ уæздан сыф-æвзæгтæй ма цы аззад, уы- дон.дæр хæтæлтыхтæй сæхимид æрбакъуркъа сты. «Уый, царддæттæг нæ, фæлæ хъаймæты хур куы басгуыхтæ, хъаймæты! Æрвылизæр-райсом сыл фæннæ бедра дон ныккæныи, фæлæ уæддæр цæрд- хус кæнынц уымæлцухæй!..» — басагъæстæ кодта Цамел æмæ дидинæг арæхстгай фынгыл æрывæрдта. — Дада... гыцци афтæ, абон, дам, уыцы кус- джытæн фысым мах уыдзыстæм æмæ сын уæли- выхтæ кæны. Ацæуон, æз дæр æм фæкæсон... — йæхи бакъултæ^ кодта Зæринæ. — Ацу, мæ хъæбул, гыццийæн аххуыс кæнын хъæуы, уæдæ цы!.. — йæ мидбылты бахудт Цамел æмæ чызджы хæмпус уадулæн аба кодта. Уымæ хатын нал бахъуыд: асинтыл, гæппытæ- гæнгæ, æрæзгъордта æмæ уадид йæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбур хæринаггæнæнæй райхъуыст. 126
Лæг та, йæ тарф хъуыдытимæ иунæгæй аззад. Ризгæ æнгуылдзтæ, раст цыма сæ хицауы æвир- хъау фенддагæй бахизынмæ хъавыдысты, уыйау, бæгъирд, хъуыдывæйлыд цæстыты амбæрзтой. Фæ- лæ æдзæлгъæды: йæ зæрдæ-фысты æнæрхъæцæй сыстадысты хæсты уæззау нывтæ æмæ йæ сæ уæл- пыхты аскъæфтой Ивгъуыдмæ. т + т Уыд 1941 аз. Августы мæй. Немыцаг фашнст- тæ, стонг бирæгътау, лæбурдтой нæ Фыдыбæстæм. Йе ’нæнхъæлæджы ’рбабырст æмæ хæстифтонг- дзинад бирæ лæвæрдтой знагæн æмæ уыйадыл, фыццаг рæстæджы Сырх Æфсады фæстæмæ алæу- уын бахъуыд... Украинаг хъæу Кременецы цур æрхъулайы ба- хауд сырхæфсæддонты полк. Гитлеронтæ йыл дыууæрдыгæй æрбацæг сты. Алæууæн ма уыд, æрмæстдæр иуырдæм цæугæдон Хохлайы сæрты фæстæмæ, фæсчъылдыммæ. Топпыхосы фæздæгæй арв ныццасæста. Хуры фæлурс зиллакк бамбæхст, баныгъуылд йæ арфы æмæ ма, хæрвæвæрд цæстау, тыхкаст кодта уыр- дыгæй. Бæстæ гуыпп-гæрах ссис. Сармадзанты нæм- гуытæ чъылбызгай рæдывтой зæххы уырыд уæл- цъар. Автоматты къæр-къæр æмæ топпыты сæртæг къæрццытæ артиллерийы æвирхъау богъты ны- гъуылдысты... Цæугæдон Хохлайы сæрты иунæг ахизæн, — къанпæг, фæлæ уæрæх хидмæ бацæуæнты пыт- тыгуыр сты танктæ, бронечмашинæтæ æмæ пол- чы хæдцæугæ артиллери: уæззау цæф хæстоитæ уал донæн фæфале стьт, ныр та адон рад уыд ахизын. 127
Полчы комиссар гвардийы капитан — Берез- пяк бардзырд радта æмæ машинæтæ сæ бынæт- тæй феггуырстысты. Фæлæ æрцыд æнæнхъæлæджы фыдбылыз: куыд- дæр фыццаг дыууæ танчы донæи уыцы фарсмæ ахызтысты афтæ, знаджы сармадзаны дзæгъæл пæмыг тæккæ хиды дæлхъус сæмбæлд æмæ йæ æрхъисгай фæхаста. Æртыккаг танк доны тæпæ- джы йæ фарсыл æрхауд æмæ æнахъомæй йæ мид- уаты ныззилдух кодта. Уадид, машинæйы хуыл- фæй дыууæ хæстопы рагæппытæ кодтой, фæлæ æртыккаг, æвæццæгæн йе скъæрæг, дзыхъмард фæцис æмæ нал разынд... — Хисдæр сержант Цæлыккайы фырт! Æвæсти- атæй срæвдз кæнут хид!.. — тохы гыбар-гыбурæй, æваст фехъуыст Цамелмæ капитап Березнякы хъæлæс. — Ис, хид срæвдз кæнын!.. — Цамел — саперон взводы командир, дзуапп дæтта фæндаджы иф- топгдзппадæн. — Акæн демæ лæппуты æмæ уæртæ уыцы бæ- лæстæп ракалут! — сæ фале тулдзы къохмæ аца- мыдта комиссар. — Кæд ма, пæ хæстоптæ 20—25 минуты пыууромиккой знаджы... Æнусон бæлæстæ, къæс-къæсгæнгæ фæлдæх- тысты зæххыл. Саперты иу къорд сып сæ хихтæ рæвдз æхсæста. Цалдæр тапчы сæ’ сыфцæй лас- той хиды быууатмæ. Хæствæллад салдаттæ иттæг хорз æмбæрстой, ныртæккæ æгас полчы хъысмæт дæр, бæрæг-бæр- цæй, уыдоныл баст кæй у, уый, æмæ сæхиуыл нал ауæрстой. Цамел сæ йæ архайд, йæ фезмæлдæй ноджы цырен кодта: кæм-иу хидаразджытæн цы- дæртæ ацамыдта, кæм — хъæдкалæг сапертæй аив- та искæцыйы. Иуафон, æнгомæвæрд хидхъæдты ’хсæн цыдæр 128
зыхъыр фæхатыд лæппу. Хæстæгдæр æм бауад: хихуаты гуылмыз сиукъ хъæдæй æддæмæ ракъуыпп æмгс йæ сыхаджы фарсмæ иыббыцæу. «Æвæццæгæн, лæппутæй искæмæн аззад... Ныллыг кæнын æй хъæуы, æндæра йæ мидуаты куы ’рзила, уæд сæ рæхысбаст суæгъд уыдзæн æмæ...» — йæ фæсронæй джидæфæрæт фелвæста æмæ хихы баззайæццагыл хæфт-хæфт ралæууыд. Джидæйы фæтæн ком æввахсæвæрд тымбыл хъæдты ’хсæн дзæбæх пе рæхст æмæ йыл иудзæв- гар афæстиат лæппу. Æппынфæстаг, хихы зы- къуыр, галы саст сыкъайау, дæлæмæ æрзæбул. Цамел фæрæт дард фæхаста, фæлæ йын æрриуы- гъып нал бантыст: йæ цонг æваст андзыгау æмæ уæлдæфы ауыгъдæй аззад. Фæрæт дæр йæ пыса- нæй фæиртæст æмæ галиу къахфындзы раз, бæ- ласы ныссагъд. «Ныр, мæ пог цырыхъытæ, хуыцауы ’нæхъуа- джы, пæ сæфтон?!» — цы рцыд уымæи шщыма бамбæрста афтæмæй, бакатай кодта лæппу, фæлæ уадид фенкъардта йæ цонгыл, цавæрдæр хъарм, æн- дæдзаг лæсæн куыд æрсаха ласта уый, æмæ хорзау нал фæцис: «Æнхъæлдæн æмæ фæцæф дæи!.. Еъе, уый цух ма уыдтæн, ацы тыхст заман, гъе!..» Йæ хæдои уысммæ сырх-сырхид афæлдæхта тугæй. Цонг адымст, ныууæззау, уæларм æмæ æн- гуылдзты, дадзинтæ, фæндыры тæнтау, ныттынг сты. Цамел йæ цæнгдыс цæрдæг фесчъил кодта æмæ цæфуатмæ гркаст. Нæмыг, æвæццæгæн, цонджы дæл- хæцъæф бауад æмæ иннæрдыгæй алиуырдта: цæрд- хуынкъ хъæдгомы дыууæ фарсæй дæр туг цыхцыр ныллæууыд. Адæргæй ма йæ% цæфмæ галиу къухæй фæлæбурдта лæппу. Марадз зæгъ! Туг хъазуатæй рафсæрста æнгуылдзты саггæмттæй. Уадид йе ’мхæстонтæй чидæртæ йæ уæлхъус æрбалæууы- 9. Тедеты Р. 129
дысты. Кæцæйдæр фæзынд медицинон хо дæр æмæ йæ иуварс ракодта. — Ныртæккæ, ныртæккæ дыи сараздзынæп æп- пæт дæр!.. — цæф хæстоны бæласы калддзæгыл æрбадын кæнгæйæ, йæ фарсыл хызын байгом код- та чызг. Йоды судзаг ыи йæ зæрдæсæр фæрæхуыста æмæ лæппу фестъæлфыд. — Уый, цавæр тæнзæрдæ разыпдтæ, ме ’фсы- мæры къуындзих! — йæ цæсты тигъæй йæм фæ- худт медицинон хо — дæргъдзæсгом, æвзопг чызг налатгъуыз цæстæнгасимæ, — тæрсгæ ма кæн, ахæмтæ дæу хуызæн уæйыгæн арсы хъуыны — мæлдзыг!.. — бипты кæрои гæлæбубаст акодта æмæ сыстад. — Иучысыл ма бабыхс, ме ’фсымæр. Ныртæк- кæ машинæйы бабаддзыстæм æмæ дæ а-чызг гос- питалы амидæг кæндзæп. Уым дæ уадид адзæбæх кæндзысты... — Гъы, ахæм цъæррæмыхсты тыххæй госпп- талы схуыссон?.. Мæ цæф мын бадзæппытæ кæн- дзысты, æмæ фæстæмæ... — дызæрдыггъуызæй пæ цонгмæ ’ркаст лæппу. Уæдмæ хид срæвдз. Таиктæ йыл се ’ппæт дæр ахызтысты æмæ ныр уыцыфарсæй гæрæхтæ код- той размæбырсæг знаджы. Тымбылхъæдтæй копд хидыл кæрæдзи фæдыл ныххал сты цалдæр бро- немашинæйы: тагъддæр, тагъддæр фалæмæ! Дард- дæр, знаджы æрхъулайæ!.. «Аирвæзт, аирвæзт нæ полк зпаджы къæппæ- гæй!.. — ныццин кодта Цамел, — бæдæйнаг, нæ лæппутæ, — гитлеронты дивизи æнæхъæн дыууæ сахаты ныуурæдтой!».. Йæ хъуыды кæропмæ нал ахæццæ лæппуйæн, æваст зæхх нынкъуыст, ныхъ- хъеллау кодта йæ къæхты бын. Цавæрдæр тыхджыи уылæн æй рогæн фелвæста, уæлдæфы йæ æрзылдта 130
æмæ йæ дæрддзæф, дзедæрæджы къутæртыл ных- хуырста. Раст æй цыма мин-мин мыдыбындзы æм- цæф ныккодтой, уыйау сдудыдта йæ буар. Къуырмагæнæг хъустæ ма ацахстой ног срæ- мыгъды æвирхъау рыпп, стæй лæг ницыуал бам- бæрста... — Дада, мах бабаитæм цæуæм!.. — Зæринæйы цъæхснаг хъæлæс йæ мысинæгты хал æрбаскъуыд- та лæгæп. — Æз уыцы зиууæттæн къæбæр бадавон: фæс- сихорæй ахызт æмæ иырма не сцæттæ дæн... Ху- дипаг у... — хуынхæссæн тæбæгъ йæ иу къухы, ин- нæйы — егъау дурын, афтæмæй Сæлимæт дæр ра- хызт хæдзарæй. — Кæд тыиг сыстонг дæ, уæд арын- джы бын уæливыхтæ. Науæд, багъæц ме ’рбацыд- мæ, тагъд фездæхдзынæн... — Хорз, хорз, не ’фсин. Ахæм гуыбындзæлæй ма мæ кæд зыдтай!.. Хуындзæуттæ ацыдысты. Цавæрдæр мыдыбындз, æрдæбоиы дидины сæр- мæ цалдæр зылды æркодта æмæ стæй, йе ’мпылд сыфыл абадт. «Цы хъаймагъ ма дзы агурыс, йæхæдæг цæрду- дæй куы бахус, уæд?..» — йæ сæр банкъуыста Ца- мел. Мыдыбындз дæр ын, раст цыма йæ хъуыды фембæрста, уыйау, уадид уæлæмæ стахт æмæ мæс- ты гуыз-гуызгæнгæ, чердæмдæр æрбайсæфт. Термосы дон уыд уазал æмæ хæрзад. Агуывзæ- мæ дзы æркодта. Зыдæй дзы цалдæр хъуыртты акодта. Ивзыдсыф дидинмæ та фæкомкоммæ. Исдуг цæуылдæр фæхъуыдыйыл, стæй ’æрдæгнозт агуыв- зæ фыпгыл æрæвæрдта аёмæ дæлæмæ ’рхызт. Хуры мæстæг тынтæ йын йæ гом бæрзæй, йæ фæсоитæ асыгътой. Цамел, хæдзары фарсыл ныхæст мæнгагъуыстмæ бауад, къулæй йæ зæронд хъæм- 131
пыпхуд æриста. Къуымы афтид бедратæ рацагуырд- та æмæ фæстæмæ фездæхт. Сæндоны дæлварс, уардийы къутæртæ сæ лыс- тæг къалиутæ зæхмæ æруагътой. Хурварс сæ дидин- тæ бынтондæр бахус, баруадысты, æрмæст ма, ау- уæтты цы стæм къуыпатæ баныгъуылд, уыдон гæ- зæмæ цæрдгъуыз дардтой. Алфæмблайы удисæг ди- динджыты æнуд хæрздæф ныццахст. фæлæ зæрдæ- йæп ницы æхцондзинад хаста. Цæхæрадоны фале цæугæдон дæр йе ’мбисмæ бахуыскъ æмæ раздæры донкæлæнтæ быгъдæгæй разындысты. Цамелы, цæмæй бедратыдзаг дон сис- таид, уый тыххæй, цалдæр санчъехы бахъуыд, зми- сы фатхъултæм ныгъуылгæ. Хур, арвы астæу бандзыг æмæ йæ судзгæ тын- тæ комкоммæ пывæзта. Зæххы скъуыд былтæ зыдæй цъырдтой царддæт- тæг дон. Цамел ,уардийы алы къутæрыл дæр, фæй- нæ бедра ныккодта, фæлæ уæддæр сæ бынтæ чъырццæгъуыз дæр иæма баисты. Бафæллад рынчын лæг. Иæ цæнгты хæцъæфтæ ныйивæзтысты. Къæхтыл, цыма здыуæргътæ баОас- тæуыд, уыйау феггуырсын нал комынц. Цыбырдыс, джиппæйфыст хæдон мæцъæл уæнтыл æрныхæст. Цæсгом дæр, æгасæй хидлæсæнтæ фестад: фæрдыг- гъуыз, цæхджын æртæхтæ, хурсыгъд уадултыл æр- бырынц, исдугмæ цæсгомы арф æнхъырттыл афæс- тиат вæййыпц æмæ стæй, цуркамад, мæллæг роцъо æмæ гуыбыр фындзы цъуппæй раскъуыйынц дæлæ- мæ. «Уыцы ус дæр цыдæр æрбацис. Æвæццæгæн, уыцыфарс йæ хомæ бауад»... — Цамел, афтид бед- ратæ зæххыл æрæвæрдта æмæ уардитыл ахаста йæ цæст. — «Цæй, фæйнæ бедра ма сыл ныккæнон. Æцæг,1 сæ хъуыртты дæр нæ фæзыны, фæлæ...> Æвиппайд ын йæ рахис дæлуон цыдæр ныррæ- 132
хуыста, Риссы æндзыггæнаг фæлхъæзæн суанг къæх- тыбынмæ ныццавта æмæ лæг, тыхсастæй бæласы зæнгыл бакъул. Бирæ рæстæг нæ ахаста риссы фæхъызт; уадид æрнывыл Цамел, æрмæст ма, рахис къухы æигуылдз- тæ ризгэе-стъæлфт кодтой. «Уæззау куыст, тых фезмæлдæй дæхи бахиз. Хур- мæ дæр бирæ рæстæг ма лæуу, æвзæр дып у... — йæ зæрдыл æрлæууыдысты дохтыры амындтытæ. —■ Ныртæккæ, æнцойдзинад — дæ хуыздæр хос. Куыд зыны, афтæмæй дæ зæронд хъæдгом иогæй сагайдта. Æвæстиатæй дæ хъæуы ’саперац кæнын. Тæссаг у, дæ пиз ноджыдæр куы стыхджып уа, уы- мæй... Йудзырдæй, тæккæ райсом дæ горæты рып- чындонмæ афысдзынæп...» Цамел ып уæд, алы ’фсæпттыл схæцыд: мæ фырт уал, дам, йæ балцæй æрæздæха, мæ уалдзæджы куыстытæ уал, зæгъгæ, æрбæстон кæнон... Йæ мид- нымæр та хъуыды кодта. «Ау, ныр æртын цыппар азы мæ риуы цы мииæйы схъистæ хæссын, уыдон енырмæ ’рхастой сæ фыдвæнд?.. Арисдзысты иучы- сыл æмæ та банцайдзысты... Уæдæ, ацу æмæ пыр, ацы куыстафон рыичындопы схуысс! Стæп дæр, мæпæй цæй рынчындойнаг ис? Гъм, чизопы æмæ хуыздæр æнхъæл, ноджы æвзæрдæр фæуон! Нæ, нæ, фæлтау уал багъæц, мæнæуый!.. Стæй, кæд æп- дæр гæнæн нал уа, уæд рынчындон дæр иикæдæм аирвæздзæн... Иухатт ма мæ уыцы уырыссаг хирург дæр афтæ тæрсын кодта, ныртæккæ, дам, пæ пæ уавæртæ нæ амонынц, фæлæ уæлахизы фæстæ, чы- сыл куы фæфидар уай уæд, æнæмæнг сопераци кæп... Æвæдза, дохтыртæ дæр рæдийынц хатт. Афтæ куы пæ уаид, уæд дæ афонмæ æрхъис дæр пал уаид, мæ хæлар!.. — йæхицæн ныфсытæ æвæры лæг.— Æмæ пыр дæр, цæмæи спог ацы æнæхаиры низ? Мæхи аххосæй! Тамакойы плаптацитæ, æгас хъæу- 133
бæстæй допхæрæг кодтам, æмæ æз мæхи куыд бам- бæхстаин? Æхсæвы балкъопы схуыссыдтæн, сатæг уæлдæфмæ мын, зæгъыи, æнцойдæр уыдзæн æмæ мæ, æвæццæгæн, хидæйдзагæй уазал бацыд. Гъм, мæ быпаты, цы-фæнды уæйыг дæр фæрынчын уы- даид!.. Нæ, нæ, Цамелы зæрондæн, пырма ахæм- тæ — гæигæлы!.. — лæг, цыма искæмæн фыдæнæп ми кодта, уыйау, бедратæм фæлæбурдта æмæ дæ- лæмæ, допырдæм фæраст. — Цы ми кæныс уый, уæртæ лæг?.. Сау бонтæ мыл!.. Рыпчынфæстиионæй уæддæр фæхæц иучы- сыл дæхиуыл, гормон!.. Ныууадз сæ, мæхæдæг сæ бадонхæр кæндзынæн! — бедратæ доиы куыл фæ- цавта, афтæ йæм фаллаг фарсæй фехъуыст Сæли- мæты мæсты хъæлæс. — Мæнæ... æдзæлгъæды бадыпæй бафæлмæцыд- тæн æмæ, зæгъын, мæхи сыл уæддæр аирхæфсон... — цæмæндæр фефсæрм Цамел æмæ бедратæ тагъдго- мау фелвæста. — Алæ, дæ хорзæхæй!.. Бирæгъау, æдзух куыст- мæ агæппæввонгæй лæууыс, раст нымæ æнустæм ды цæрдзынæ!.. Фæлæуу. Фæцæуып дæм! — дæлæ- мæ, хидырдæм атындзыдта ус. — Æмæ ма, биоæгъ дæр искуы куыстмæ фæ- бæллы, не ’фсип?.. Гъе, уый ма никуы фехъуыстоп, гъе!.. — адзырдта ма йæ фæдыл, мидбылхудгæйæ, Цамел, фæлæ пæ Сæлимæт нал фехъуыста. — Мæ уардитæ мын пырх кæныс, Дада? Ныр- тæккæ дæм æз дæр фæцæуын!.. — донæи уыцы фарс, хæристы аууопæй фæзынд Зæринæйы пыхцыл сæр. — Рауай, рауай, мæ чьтзг, ды дæр мын аххуыс кæн. Уæдæ, иупæгæй цы бакæндзынæн! — бахудт Цамел æмæ уæнгрогæй, уæлæмæ бырцыл фæхæрд кодта. Бирæ йæ нал хъуыд схизынмæ, афтæ та йæ уоны бынмæ фелхыскъ кодта. «Ницы кæны, кæд та фенцаид...» — йæ цыд нæ 134
фехæлдта лæг. Æмæ æцæгдæр, риссы æнкъарæнуа- дид æрбайсæфт. Сæндопгæрон цалдæр джитърипы быи бакъур- къа сты. «Знои мыи сыл доп æркæпын байрох, æмæ кæ- сыс, сæ сæртæ куыд аппæрстой! Цæй, ныр сæ иувæр- сты куыд ахизон?..» — дзаг бедратæ сыл фæдæл- гом кодта æмæ фæстæмæ цæугæдонмæ ныздæхт. Систа дон æмæ, тыхулæфтгæпгæ, схызт бырцыл. Тыхфезмæлдæй йæ сурхид акалд лæгæи. «Иучысыл куы аулæфин...» — ахъуыды кодта Цамел, фæлæ йын, уыцы уысм, чидæр судзгæ уæхст фæцавта йæ уоны бын. Лæг, калмдзæфау хæрдмæ фæхауд, галиу къухæй йæ риумæ фæлæбурдта. Бедратæ зæхмæ асхъиудтой, сæ дон чъырццæ зæх- хыл алæсæн кодта æмæ уадид, йе скъуыдты æрбай- сæфт. Лæгæн йæ цæстытæ азылыптæ сты, мæрдон ихуазал апхъæвзта йе уæпгтьт. «Æллæх, фесæфтæн!..» — адзалы тасæй андзыг сæрымагъз. Æххуысмæ фæсидыныл афæлвæрдта, фæлæ æф- сæртæ кæрæдзийыл андæгъдысты æмæ дзых цъут- тавæрдæй аззад. Цæстытæ, сæхигъдауæй ахъоппæг сты, цикъæ цæсгом ампылд, азылыптæ. Мынæггæ- наг цæстызулæй ма ацахста Цамел, — чысыл Зæри- нæ, дидипджыты егъау чъииа йæ къухты, афтæмæй йе ’рдæм куыд рацæйзгъордта, стæй цæстыты сау- тар амбæрзта, зæхх зилгæ цъил фестад æмæ лæг, уымæл куырисау, уæззаугай зæххыл æрфæлдæхт... Зæринæ, йæ фыдыфыды уыцы уавæры куы ауыд- та, уæд фæтарст, йæ мидбынаты дзыхълæуд фæ- кодта. Стæй чнзоиы мæ хъазгæ кæны, зæгъгæ, Ца- мелмæ бауад æмæ йып йæ къухыл рахæцыл: — Сыст ма, Дада, гыцци дæм сиды!.. — æваст лæджы цæсгоммæ фемдзаст æмæ пыцъцъæхаст лас- та. Цæхгæр фæстæмæ фæзылд. Иæ фæд-йæ фæд, 135
хæкъуырццгæнгæ, азгъордта хæдзармæ; дидинджы- ты чъина кæмдæр къахвæндагыл аззад пырхытæй, сидзæргъуызасй... Цæхæрадоны æмæ кæрты ’хсæн кауæмбондмæ ма куыддæрты бахæццæ сывæллон æмæ уым йæ хъæлæсыдзаг пыббогъ-богъ ласта: — Гыцци!.. Тагъддæр!.. Гыцци!.. уым... уым, да- да ахауд æмæ нал сты!.. Йæ хъæрахстмæ Сæлимæт хæдзарæй рауад. Сабийы йæ хъæбысмæ фелвæста. — Цы кодтай? Цæуыл кæуыс?! — Уæртæ уым, Дада ахауд æмæ хуыссы!..— къухæй йып ацамыдта сывæллон. Сылгоймаджы зæрдæ, стыр фыд æнхъæлцау, риуы къултыл йæхи ныххоста. Сабийы зæххыл авæрдта æмæ йæхæдæг цæхæрадонырдæм атын- дзыдта. Йæ цардæмбалы зæххыл уæлгоммæ хаудæй бай- йафгæйæ, йæ бауадзыгмæ ницыуал хъуыд. — Цамел!.. Цамел, цы дæм рауад?! Ракæс-ма мæм!.. — йæ мойы риуæгънæджытæ суагъта ус, йæ къæмисæнтæ йын ахуылыдз кодта бедрайы бын ма цы допы цъыртт аззад, уымæй. — Дои... — гæзæмæ базмæлыдысты иуафоп Ца- мелы былтæ, фæлæ сылгоймаг, йæ фыртыхстæн ни- цыуал бамбарынхъом уыд: фырадæргæй йæ цæс- гомы цъар æрыстыгъта, йæ уæрджытыл балæууыд. — О, сау бонтæ мыл куыд пыккодта!.. О, хæ- дзархæлд куы бадæн, æмбойны!.. Цамел цы код- тай, дзæбæхæй дæ куы пыууагътон!?. — Йæ мароймæ сыхæгтæ фæзындысты. Цамслы хæдзармæ бахастой. Чидæр фæрæвдз æмæ «тагъд æххуысмæ» адзырдта телефоны. Лæг нæ чъицыдта. Хъæу фæфæдис. Æгæрыстæ- мæй,, къанаугæрдджытæ дæр сæ куыст ныууагътой æмæ Цамелты кæрты нымбырд сты. Уалыпджы, 136
дохтыр дæр, кæцæйдæр фæзынд æмæ рынчыны цурмæ бауад. Фæлæ йын саразын ницыуал бантыст; «тагъд æххуысы» гуымæг фæхъыллист ласта уын- джы æмæ дыууæ урсхалатджын пæлгоймаджы ми- дæмæ бахызтысты. Цавæрдæр судзинтæ сарæзтой рынчынæн, фæлæ куынæ хуыздæр кодта, уæд æй «тагъд æххуысы» авæрдтой æмæ машинæ горæты рынчындонмæ йæ ных сарæзта... Сæлимæт Зæринæйы сыхæгтæй кæмæндæр афæ- дзæхста æмæ се ’рвадæлты чызгимæ уый дæр «тагъд æххуысыл» ацыд... .}- * * — Цæлыккайы фырт, дæхи куыд хатыс?.. — афарста йæ дохтыр пыллæг хъæлæсæй. — Ницыдæр мын у... — æпæбары базмæлыдысты рынчыны чъырццæ былтæ. Ацы низæфхæрд, стæгдары хуызæн нæлгойма- джы ма чи базыдтаид, кæддæры хъæлдзæг æмæ уæнгрог Цамелы!.. Иæ цæстыты бын цъæх зиллæк- тæ æркъæлæт. Æнæуый дæр къæсхуыр цæсгом, ныр быптон ныццола. Уадултæ, кæрæдзийыл аныдзæ- выиæввонг, мидæмæ бахаудтой. Роцъойы къæдз, раст æй цыма ивазгæ рачынди, уыйау, уæлæмæ- нысхъæл. Дохтыр — бæзæрхыгтæ, саухал лæппу-лæг, сын- тæджы раз бандоныл æрбадт æмæ рынчыны къух- мæ бавнæлдта. — Æхсæвы кæд иæ тыхст?.. — афарста йæ уæл- хъуслæууæг медицинон хойы. — Нæ, æпцойдæр уыд, Айик Дауыты фырт... — сдзуапп кодта уый. Дохтыр фонедоскопы цæгтæ йæ хъусты басагъ- та, хъæццулыл иуварс ахæцыд æмæ рынчыны сга- 137"
рыныл схæцыд. Сæлимæт, уырдыглæугæйæ, бан- дзыг Цамелы дæлфæдтæм. Иæ куыстдзагъд къух- æнгуылдзтæ лыстæгрызт кодтой сынтæджы сæр- хъæдыл. Хъæццулы быпæй йæм зынд йæ мойы бинтæй- баст риуыгуыдыр. Бинты бæзджын фæлтæрæй ту- джы сырх зиллак схъардта. —Хорз,—фонедоскоп йæ риуыл, майданау, аца- уыгъта æмæ сыстад лæппу. — Цом, иннæ рыичын- тыл дæр азилæм. Ахсæв радгæс æз дæн æмæ уæ исты сæр куы бахъæуа, уæд мæм æнæбадзургæ ма фæут... — йæ кæсæнцæстытæ гуыбыр фындзыл фæс- тæмæ фесхуыста, Цамелмæ йæ мидбылты бахудт æмæ цырд къахдзæфтæй палатæйæ рахызт. Меди- ципон хо дæр — йæ фæдыл. — Дохтыр!.. Иучысыл фæгæдзæ кæн!.. — къæ- лидормæ йæ фæдыл рауад Сæлимæт дæр. — Куыд уыдзæн нæ рыпчын?.. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, мацы мып басусæг кæн, Алик! — ныллæгъстæ код- та сылгоймаг. — Тыхсгæ ма кæн, мæ мады хай. Ницыуал тас ын у, ныр, — уæрæх мидбылхудты ферттывдтой дохтыры зыхъыр дæндæгтæ. — Дыууæ-æртæ къуы- рийы фæстæ, дæ цардæмбал, уæхимæ хæдзары, тым- был кафт кæндзæп!.. — стæй, мидбылхудт æрбай- сæфт йæ цæсгомæй æмæ æцæггъуызæй загъта: — Йæ уавæр, нырма, кæй зæгъыи æй хъæуы, уæззау у, фæлæ кризис аивгъуыдта: пульс бæрæг фæхуыздæр, йæ тæвд æрхауд, сулæфты рæстæджы, йæ риуæй хыр-хыр нал фехъуысы — куыд зыны афтæмæй, рæуджыты хъæдгом гаскæнынмæ фæцис. Тагъд рæе~ тæджы, бынтон æрнывыл уыдзæн йе ’нæниздзинад æмæ иу мæп дæр уæ куывдмæ ма ферох кæнут... ,— Ахæмтыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд, мæ хъæбул!.. — удрайдæй йæм бакаст сылгоймаг. —Нæ лæджы нын ды байстай мæлæты дзæмбытæй æмæ 138
:нæм дæуæй зынаргъдæр уазæг чи хъуамæ уа. Та- буафси, пæ хæдзармæ дын, кæддæриддæр, цыты фæндаг!.. —Цытæ дзурыс, мæ мады хай?.. Æз афтæ... æнæ- уый... — фефсæрмы лæппу æмæ медициион хойы фæдыл атындзыдта. Сæлимæт палатæмæ æрбаздæхт. Исдуг рынчыны уæлхъус æдзынæгæй алæууыд, стæй йæ дæлфæд- тæм æрбадт. Цамел, æвæццæгæн, рæдзæ-фынæй ацис; йæ цæстыхаутæ кæрæдзийыл æрныхæстысты, -фæлурс цæсгомыл иу нуар дæр незмæльгд æмæ мы- дадзæйкондау, зыпд. Æрмæст, хъæццулы кæрон,иу- гъæдон, æнцой комулæфтæй, дæлæмæ-уæлæмæ :'од- та. .Йæ фæллад æртæфсд Сæлимæтыл дæр. Цал- дæр боны æгъуыссæг æхсæвтæ сæхион бакодтой .æмæ ус, сынтæджы гоппыл, армы тъæпæнæй йæ- хицæн иывæрзæц акæнгæйæ, тæгæл фынæй ацис... — Сæли... Сæлимæт... дæхи иучысыл мæ дæл фæдтæм æруадз... Тæрсгæ ма кæн, ныр мын мæлын- тæй пал у... — иуафон фехъуыст усмæ йæ мойы хъæлæс. Сылгоймаг фестъæлфыд. Уæлхъæццул æвæрд Цамелы æдых цонгыл йе ’пгуылдзтæ рæвдаугæ æр- хылдысты æмæ фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта: — Мæпæи пицы уыдзæп... дæхæдæг дзæбæх у уый йеттæмæ æз æппæтæп дæр ныффæраздзыпæн... Цамел, аххосджынхуызæй бакаст йæ цардæм балы уарзæгой, фæлмас цæсгоммæ æмæ арф пыу улæфыд. Ныр, къуырийы бæрц хуыссы ам, горæты рын- чындоны. Цы бон æй æрба^астой, уыцы бон ын сопераци чыпди: рентген куыд равдыста, афтæмæй рахис сусы кæрон, минæйы схъистæ кæм бауадыс ты уым, ныддымст, ныррæсыд æмæ рæуджыты, тæ- нæг хæрвау, атонынæввонг æрис. Тас уыд туджы 139
фæхъæстæйæ дæр. Æппæт пннæ мадзæлттæ куьг нпцы æвæрццаг фæстиуæг радтой, уæд ын Томайьг фырт, — иырма æвзонг, фæлæ зындгонд хирург, æвæстиатæй сопераци кодта. Операци æнæхъæн æхсæз сахаты ахаста. Ныр- ма уал уæлхъомысджын электромагниттæй бафæл- вæрдта Алик æфсæны схъистæ ралвасын, фæлæ йæ къухты ницы бафтыд; минæйы схъистæ æгæр арф баивгъуыдтой сусы фæлмæны, стæй дæр, ауал аз- ты, сæхицæн «фыд» сæвæрдтой æмæ сæ бынæтгæй нæ фезмæлыдысты. Уæд дохтыры бар-æнæбары ба- хъуыд сусы сахъат хай æнæхъæнæй ралыг кæпын.. Фæсопераци, дыууæ бон æмæ ’хсæв, йе ’муд не ’рцыд Цамел. Хатт-иу йæ улæфт бынтопдæр нысса- быр, пульс-иу фæливæнтæ систа. Арæх-иу æй ба- хъуыд туаггуыры «базæй» улæфын кæнын. Æр- тыккаг бои стæвд. Рыствæллад, фæлурс цæсгомыл- йæ хид лæсæнтæ кодта, сæнттæ цагъта, цавæрдæр медицинон хо Валямæ сидтис. Æппынæдзух 0)æл- вæрдта йæ сыптæгæй фестыиыл. Стæй æваст фен- цойдæр. Райсомæй йæ тæвд æрхауд, дыууæ уиды- джыдзаг карчы бас дæр бацымдта æмæ цыппæрæм бопмæ йæ уавæр бæрæг фæхуыздæр. Алик æмæ Сæлимæт рынчыны цурæй сæ кгах пæ авæрдтой йæ тыхсты дуджы. Дохтыр æм раст йæхи хъæбулау зылд. Хуыздæр хос, хуыздæр ма- дзал фæсте нал баззад. Сæйраг сахарæй ма йæм цавæрдæр стыр ахуыргонд профессоры дæр арба- хуыдта Томайы фырт. Уый, бирæ фæрауын-бауьпг кодта рынчыны, фæлæ йып Аликæй уæлдай ниц^- уал пог мадзæлттæ снысап кодта: æппæт дæр, дам, куыд æмбæлы, афтæ у. Ныфс сын бавæрдта, рын- чып тагъд рæстæджы йæ къахыл кæй слæудзссн, уымæй æмæ ацыд. Уæдæй рацыд цалдæр боиы æмæ Цамел, æцаг- дæр, йæхи хуыздæр хатын райдыдта. Æрмæст пыр- 140
ыг уыд æдых, тынг хъарусаст. йæ зæрдæ хæрд нæ агуырдта, сæр, куыройы фыдау, зылд. Дох1ырты ныхæстæм гæсгæ, кæд низы хъызт фæсабыр, уæд- дæр æй сдзæбæх кæнынмæ дзæвгар хъуыдис. Æмæ хуыссы ныр, Цамел рынчындоны хицæн лалатæйы ’уæнгтæкалд, рыпчынфæстинонæй. Йæ* цæстæнгас хатт Сæлимæты фæлмас цæстытыл аны- дзæвы, сæрбæттæны кæропæй зынæг митгъуыз ла- далитыл æмæ гуыбыргомау, къæсхуыр уæхсчытыл исдугмæ афæстнат вæййы æмæ стæй сылгоймаджы уæрджытыл дзуарæвæрд, мæллæг къухтыл æрыи- цайы. Ахæм рæстæджы лæг уæззау ныуулæфы æм.о йæ цæстытæ æрæхгæны: зын у Цамелæн, ай-гъай- Дæр, йæ фæллад, æгъуыссæгтæй фæлмæцыд биной- нагмæ кæсын! — Цæуыл та ныхъхъуыды кодтай, уæртæ лæг?.. — цыма палатæйы сабырдзинад фехалынæй таред, уыйау ныллæг хъæлæсæй афарста Сæлимæг æмæ йæ сæрбæттæн бараст кодта. Цамел, «иицæуыл», зæгъгæ, йæ сæр банкъуыста. — Уæд та ма, иучысыл исты ахæрис?.. — æввахс- дæр æм бабадт ус. — Нæ, ницы мæ хъæуы... Исдугмæ сæ дыууæтæ дæр ныхъхъус сты. Хур акъул. Исдуг ма, хæрзбонгæнæгау, хæхты сæрмæ афæстиат, стæй уæззаугай сæ фæсарцмæ ныттылд æмæ Зæрæхсиды рухсы тыптæ фæрссаджы .авг зыпггъуыз ахорæнтæй ацахуырстой. — Айразмæ мын дохтыр афтæ, раздæр, дам, куы ’рбацыдаид, уæд, дам, ын æнцонæйдæр сопераци кодтаиккам. Иæхæдæг дæр, дам, афтæ нæ фæтыхс- таид... — Æмæ цы хъауджыдæр уГ фæнды раздæр, фæн- ды ныр, уæддæр сæ уыцы иу хъуыддаг бакæиын хъуыд... — æвæндонæй фелхынцъ сты Цамелы æрф- гуытæ. 141
Сылгоймаг ницыуал сдзырдта, ныхъхъус та Ця- мел дæр. Æризæр. Арвы тарцъæх къуырфæджы фæлурс стъалы фæзынд æмæ налатгъуызæй Цамелмæ йæ- цæст фæныкъуылдта. Иæ уæлвæд дыккаг ферпыв- та, йæ фарсмæ — æртыккаг... цыппæрæм... раст, цы- ма фыццаджы фæзындмæ æнхъæлмæ кастысты уы- йау, арв судзгæ цырæгътæй байдзаг. Томайы фырт та райсомæй дæр абæрæг кодта йæ рынчыны. Ацы хатт, цыдæр хъæлдзæг уьг*. Ца- мелы дæлфæдтæм сынтæгыл абадт æмæ йыч, йæ- ахуыр куыд уыд афтæ, фыццаг йæ цонджы хъул асгæрста. — Цæй, куыдтæ дæ, салдаттаг? Кæд чицæуыт тыхсыс, мыййаг?.. — Цы мып у, цы, дæ рынтæ ахæрон. Мæнæ мæ- хицæн хъаны цард кæнын, кусыны æфсæрм мæн нал ис æмæ æндæр... — æнкъард мидбылхудты глр- зæмæ азылынтæ сты рынчыны былтæ. — Куыстæй ма фæлмæцгæ дæр скæндзынæ, мæ фыды хай!.. — бахудт лæппу æмæ рынчыны дæларм тæвдбарæны хæтæл атъыста. — Иæ куыст мæ бæргæ, пицæмæи хъæуы, нæ- хæдæг мын куы уаид дзæбæх... — йæхи бакъултæ кодта Сæлимæт. — Зпопæй-нырмæ, пульсы цавд бæрæг фæхуыз- дæр. Иæ тæвд дæр, цыма... дохтыр тæвдбарачшæ ’ркаст, — йæ тæвд дæр æрхауд. Æцæг ма, æмбæло- нæй чысыл уæлдæр у, фæлæ уый ницы давы, чфтæ вæййы... Дæ хæрзæггурæггаг мæн, салдаттаг! Дæ анализтæ дын федтон æмæ иттæг хорз сты!.. — йæ цип иæ бамбæхста дохтыр. — Цыдæр хостæ ма дын снысан кодтон æмæ уыдон дæр абонæй рай- дайдзыпæ... — Бузныг... стыр бызныг, дохтыр... — мæцъял- 142
дзастæй йæм бакаст Цамел. — Дæ лæггад дын æз та цæмæй бафиддзынæн?.. — Æз, æрмæстдæр, мæ хæс æххæст кæшлн...— фæкъæмдзæстыг лæппу. — Стæй дæр, дæ разы, не ’ппæт дæр, стыр хæсы бын стæм, Цамел. Æхсог^- дзуйы дыл, мыййаг не ’рцыд, уыцы хабар, — мах тыххæй, нæ фыдыбæстæйы сæрвæлтау нывондæн æрхастай де ’пæниздзинад æмæ уый нымайын хъæ- уы. Æви, мах фæлтæры афтæ æбузн, афтæ ницæ- йагыл нымайыс æмæ уыйбæрцтæ ма ’мбара. Цæй, хорзæй уал баззайут. Æз, ам уыдзынæн æмæ кæд истæуыл тыхсай, уæд-иу ма бафсæрмы кæн... Дохтыр яцыд. Цамел, зæрдæвæйлыдæй, арф пыуулæфыд æмæ йæ донбадт цæстытæ тымбылкъу- хæй асæрфта... * * * У.æдæй, дыууæ къуырийы бæрц аивгъуыдта: Рынчын, бæрæг фæдзæбæхдæр. Иæ уат систа æмæ палатæйы гаккæйцæуæджы æдых къахдзæфтæ код- та: раздæры хъару, цадæггай здæхт йæ низæфхæрд уæнгтæм. Цæсгом фæцæрдгъуыз, цæстыты ныфсы æидар ахъазыд. Алик-иу æй, иыр дæр, бон цалдæр хатты абæрæг кодта. Æгæрыстæмæй йын йæ фынæйыл дæр пæ хъæцыд æмæ-иу, æрвылæхсæв дæр, куы телефоны æрбадзырдта, куы радгæс дохтырæн фæдзæхста Цамелы. Уалынджы рынчынæн йæ лыгуаты хуыд систой" æмæ йæ Томайы фырт, цалдæр боны фæстæ, сæ хæ- дзармæ афыста... Уыд сæрдыгон хъарм райсом. Хуры фæлма^н тынтæ гом фæрссагæй хатæнмæ ивылдысты. Дард кæцæйдæр хъуыст музыкæйы æхцон зæлтæ æмæ, 143
æддоз, сосæвæндагыл дыууæрдæмкæнæг машинæты гуыв-гуыв. Сæууон сыгъдæг уæлдæф йæ рог базыр- тыл уаты къуымты смидæг æмæ йæ алы ’рбаулæц’эт дæр, æвдадзы хосау, уыд риухъæнджын рынчыпæн. Цамел, райддзæсгомæй бадт Аликы кабинеты хъæдабæцъар, фæлмæн диваныл æмæ дохтыры амындтытæм лæмбынæгæй хъуыста. — Уæдæ афтæ, салдаттаг! Цы хостæ дын сны- сан кодтон, уыдон рæстæгыл æмæ æнæсцуха^й нуаз, — фæдзæхста >уый, Цæлыккайы фыртæн,--- фыццаджы-фыццаг, дæхи уазалæй бахиз: сæрды тæ- мæн кæй у, уый дæ ма фæсайæд. Змæлын, рацу-ба- цу кæнып дын æвзæр нæу, æрмæст, бæрцæй. Цæу- гæ-цæуын рæуджыты куыст фæдывæр вæйны æмæ тæссаг у, сусы ног хъæдгом ма сфæраза, уымæй...— Алик йæ сыкъа-кæсæнцæстытæ фындзы хъæлæй æр- иста, бæстон сæ ныссæрфта сыгъдæг фындзмæрзæ- нæй æмæ сæ фæстæмæ сæ бынаты басагъта.—Æнæ- уый, сойаг æмæ урссаджы хæринæгтæй дæхимæ фæ- кæс. Фылдæр улæф æмæ дыууæ-æртæ къуыримæ саг-сæгуыты хуызæн фестдзынæ!.. —Дохтыр... Цы дып зæгъон, ныр?.. Ахæм дзырд- тæ, æвæццæгæн дæр, нæй, мæнæн ме стыр цин, мæ бузныгдзинад æххæстæй чи равдиса... — Цамел пс- дуг цæуылдæр фæхъуыдыйыл, стæй йæ къух ауыгъ- та. — Цæй, хох-хохыл никуы сæмбæлы, уый йет- тæмæ, лæг-лæгыл— кæддæриддæр! 'Ацы хæрз1æ дын æз дæр кæд мæхиуыл нæ ныууадзин... Алик йæ мидбылты бахудт, фæлæ дзургæ ницы- уал скодта. Къуымы æвæрд, авджындуар скъаппæй цавæрдæр гæххæттын къопп райста æмæ Цамслы фарсмæ диваныл æрбадт. — Де згъæрты фенын дæ нæ фæнды?.. 1— Цавæр згъæрты?.. — нæ бамбæрста Цамел. фæлæ къоппы хуылфмæ куы ныккаст, уæд йæ сæр мæстыгъуызæй нынкъуыста: 144
— Адон мæ мардтой, уæдæ, æртын фондз азы дæргъы?.. — Гъай-гъайдæр, адон уыдысты... Къоппы хуылфы ныхысæрыйас дыууæ æфсæны гæппæл разынд. Сæ иу, æвæццæгæн, минæйы æр- хуыцъар схъис уыд, гæзæмæ бурбын дардта. Уый хыгъд иннæ — сæптсау, хъæстæгъуыз, раст цымы аппы хуызæн, тымбыливæзт. Цамел, сæ дыууæты дæр, йæ армыдзыхъы хт^ав- гæ æрæвæрдта. Минæйы уæззау схъистæ, лæджы ризгæ армытъæпæныл, уддзыдау змæлыдысты. Сæ тар уæлцъар, хуры тынтæм мынæг æрттывд кодта. Цамел пыттардзæсгом, йæ мастæвдылд хъуыды- тæ йæ дард ивгъуыдмæ ахастой. Алик дæр, йæ къухтæ урс уæлæфтауы дзыппыты нытътъысгæйæ, фæрссаггæрон æнкъардгъуызæй слæууыд. — Ныр дæ нал хъыгдардзысты, фервæзтæ сæ...— æрæджиау, ныллæг хъæлæсæй сдзырдта дохтыр. — О, фаг мын куы фесты, æнæуый дæр... Алик, мæпæ ма уый та циу?.. къоппы хуылфы цæмæдæр фæкомкоммæ лæг. — Уый дæр дæ хæстон хорзæхтæй у, салдат... — лæппу къопмæ нывнæлдта æмæ дзы цавæрдæр тар- гъуыз, чысыл тула систа. — Цы йæ ’нхъæлыс?.. Дæ хæдопы гæппæл у. Æвæццæгæн æй, минæйы схъис йемæ бахаста рæуджытæм... — Ау, æмæ кæд ауал азы, æцæгдæр сусы уыд, уæд нырмæ куыд æпцад лæууыд?.. Цæмæннгз мьы исты сниз кодта?.. — Уым диссагæй ницы ис, Цамел. Цæвг.ттон, æфсæйнаджы зынг æрхъис гимнастеркæйыл куы сæмбæлд, уæд дзы йæхимбæрц ацарыдта æм?г аф- тæмæй, хæцъилы гæппæл ст^ерилизацигонд æрцыд. Дæ рахис сусы, згъæры муртимæ, фыд сæвæрдта æмæ рæстæгмæ ныссабыр... — Алик къоппы сæр сæхгæдта æмæ йæ фæстæмæ скъаппы бавæрдта. 10. Тедеты Р. 145
— Иед у... зæгъын, утæппæт рæстæг сæ мæ риуы кæм фæхастон, уым мын сæ, еныр дæр мемаз куы радтис... — бахатыд æм Цамел. — Хорз. Ахæсс сæ... — исдуг ахъуыдыйы фаттæ сразы дохтыр æмæ йæм къопп балæвæрдта. — Уæртæ лæг, хъæмæ цæуынвæнд нæма кæныс, æви, дæ зæрды ам баззайын ис?.. —Нæ колхозы шо- фыр, уæдæй-нырмæ, дæумæ куы ’нхъæлмæ кæсы! дуар æрбазыхъыр кодта Сæлимæт. — О, фæцæуын, багъæц иучысыл!.. — Æмæ ма цæмæ у дæ каст?.. — Сæлимæт ми- дæмæ æрбахызт æмæ скъаппы аууон Аликы лæугæ куы федта, уæд фефсæрмы. — Бахатыр кæн, нæ дæ федтон... Зæгъын, ацы лæг иунæгæй цы аразы ам... — Ницы кæны, Сæлимæт, æнуый дæр цæуынхъус уыдыстæм... — Дохтыр Цамелы цонгыл ныххæцыд æмæ дыууæ нæлгоймаджы цыбыр æмкъахдзæфгæн- гæ, æддæмæ рахызтысты. — Алик!.. Ныртæккæ, «тагъд æххуысыл» тынг уæззау рынчыны æрбаластой!.. Сæйраг дохтыр мæ дæумæ рарвыста... — æваст, кæцæйдæр сæ уæлхъус февзæрд медицинон хо. — Мæнæн бахатыр кæнут, уæдæ! Цамел, фæн- дараст фæу, æмæ дæ, ахæм хъуыддæгты фæдыл, махты сæр макуыуал бахъæуæд! — лæджы къук балхъывта Томайы фырт æмæ дæргъæлвæс къа\ли- доры медицинон хойы фæдыл атындзыдта. Сæлимæт Цамелы дæларм балæууыд æмæ уынгмæ æрхызтысты. Хур йæ зæлдаг тынтæ рæдауæй нывæзта зæхмæ. Рог уддзæф хъазыд бæлæсты сыфтæртимæ. Телцæ" джындзыл бæрзонд ауыгъд репродукторæй хъуыст музыкæйы зæлтæ. Цавæрдæр зарæггæнæг сылгой- маг æрхæндæг хъæлæсæй даргъ ивæзта æнæзонгæ зарæджы ныхæстæ. Чысыл фалдæр, назбæласы бын урæд уыд колхозы машинæ. Шофыр, æвæццæгæн, 146
дон нуазынмæ ауад, — краны цурæй сердæм рацæй- тындзыдта. «Цымæ, йæ разæй, машинæмæ бахæццæ уаии?..» — сабион тæлтæг хъуыды, фегуырд æваст йæ сæры æмæ Цамел йэехи фæцырд кодта. Машинæмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ хъус- тæ зарæджы ныхæстæ ацахстой: «...Хæст раджы фæцис, фæлæ нырма, Нæй, не сты гас йæ хъæдгæмттæ!..» — Сагъæс кодта æнæзонгæ зарæггæнæг. «Ай-гъайдæр, не сты!.. Æмæ, æвæццæгæн, ни- куы дæр байгас уыдзысты, бынтон!..» — мæстæл- гъæдæй ахъуыды кодта Цамел æмæ «Москвичы» дуар йæхирдæм рариуыгъта... ДЫУУÆ ХОЙЫ (Адæмон æмбисондмæ гæсгæ) Хъуысинæ æмæ Гуысинæ хотæ сты. Хъæздыг Бо- байы сылбындар чызджытæ. Хъуысинæ—асæй рæс- тæмбис, тыппыртæ, нарстуадул, йæ астæуыл гæрз- бæндæн не ’рбаххæсдзæн. Удыкондæй та, — мæнæ, зæдæнгæс æмæ калмæвзаг кæй фæхонынц, раст ахæм. Иæ гуыр, йæ фыдсылы хъæр æгас комбæ- стыл — хъуыст. Уый хыгъд кæсдæр, Гуысинæ — сабыр, æфсæрм- дзæстыг, йæ алы дзырд дæр мадæл усау, развæл- гъау барст æмæ нымад. Уæдæ бакастæй дæр — уынд- джындæр йæ хисдæр хойæ: бæрзонд, гуырвидауц, 147-
сауцæст, саудзыкку. Йæ фезмæлд — рог, йæ хъæ- лæс—.фæлмæн, хъуытазмыр. Иудзырдæй — комæй- кургæ чызг! Усгуртæ бирæ цыд зæронд Бобайы хæдзармæ. Бирæты фæндыд ахæм кадджын, мыггагджын хæ- дзаримæ бахæстæг уын, рæсугъд Гуысинæйы би- нонтæн æрхæссын, фæлæ... Куыд радтаид зæронд æгъдæуттыл хæст Боба кæсдæр чызджы хисдæры разæй? Куыд ахызтаид æгъдауы сæрты Гуысипæ йæхæдæг дæр, куыд фæцыдаид моймæ йæ хисдæр хойы разæй? Æцæг-иу, искуыд иу хатт, Хъуысинæйыл дæр сдзырдæуыд: разынд-иу ахæмтæ, сылбыпдар, хъæз- дыг каистæм иу чи бабæллыд, фæлæ-иу уыдон, Хъуысинæйы æввахсмæ дæр базонгæйæ, уадид сæ фæнд аивтой, æмæ таппызарды хай æрбаисты... Куыд-фæстагмæ усгуртæ бынтондæр байрох код- той фæндаг Бобайы хæдзармæ. Уæлдайдæр та иу- ахæм цауы фæстæ: Цæвиттон, иу æрæгвæззæг Бобатæм фæрсаг хъæ- уæй æрцыдысты минæвæрттæ. Куыднæ сыл бацин- тæ кодтаид æнæуый дæр уазæгуарз зæронд! Уæл- дай тыхджындæр та байрад йæ зæрдæ фысымæн, куы базыдта йæ хисдæр чызг Хъуысинæйы номыл сты минæвæрттæ, уæд!.. Фæлæ йæ цин æдзæлгъæды фæцис... Лæппу куы фембæрста фыды ’рдыгæй дзы ных- мæдзырд нæ уыдзæн, æмæ хъуыддаг скъоборыл у, -уæд чызгмæ дæр фæныхджын æмæ йæм иуахæмы йæ цæст куы ’рныкъулид! Мæгуырсар, нæма зыд- та уый Хъуысинæйы фыдцъылыс! Гъæйда-гъе! Расг .æнæдомд ефсау фестъæлфыд чызг. Фæлæбурдта дын æмæ къæртайыдзаг дон куы басæххæтт ласид йæ мойагыл! Уый дæр æм фаг нæ фæкаст: лæггад- гæнæджы къухæй æртысгæн раскъæфта æмæ дзы лæппуйыл хæфт-хæфт куы ралæууид!.. 148
Минæвæрттæ фергъуыйау сты, усгур, æрдиаг- гæнгæ æддæмæ йæхи аппæрста, Боба кардæлвæс- тæй лæбурдта йæ чызгмæ: сыхæгтæ, Гуысина* йæ иргъæвынæн ницыуал фæрæзтой. Минæвæрттаз фæ- тæргай сты æмæ хъуыр-хъуыргæигæ, афардæг сты сæ хæдзæрттæм... Цыд рæстæг. Æрхæндæг æмæ зæрдæсастæй чер- выста йе ’взонджы бонтæ Гуысинæ йæ фыды уæ- зæгыл. Зæрдæрай кæм уыдаид Хъуысинæ дæр, фæ- лæ æддæмæ пицы ’вдыста налатгуырд сылыстæг. Зæронд Боба йæ зæйцы мастæй йæхимæ ныхъхъуыс- та: пал цины фыпгтæм цыд, нал мидбылхудты ал- фæн йæ был базыхъхъыр кодта... Уæд та дын иуахæмы, раст дыууæизæрастæу уыдаид афтæ, Бобаты раз цавæрдæр æнахуыр уаз- джытæ æрфистæг сты. Сæ бæхтæ бæттæнхъæдыл æрбастой æмæ хæдзары хицаумæ йæ номæй ба- дзырдтой. Сæ размæ Боба йæхæдæг рауад, зæрдиаг æгасцуайтæ сын загъта æмæ сæ мидæмæ бахуыд- та. Лæггадгæнджытæ фæлæбурдтой æмæ уазджыты бæхты афсиайдтой. Уыдоп, куыд рабæрæг, афтæ- мæй, уыдысты къуыдаргомæй. Уазджытæй сæ иу— бирæгъдзаст æмæ даргъæвсæр лæппу-лæг, йæ хъуын- джын худы бынты налатдзастæй бакæстытæ код- та Хъуысинæмæ. Чызг йæхи фæгæмæл кодта, йæ тæнæг былтæ æнæввæрсонгъуызæй асчъилтæ сты. Чысыл фæстæдæр та Хъуысинæ къæбицæй ра- хызт, æмæ лæппуимæ кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд уазæджы гуымирвад цæсгомыл цавæрдæр æртхъирæны мидбылхудт фæзынд. Ацы хатт цæ- мæндæр ныккæрзыдта йæ зæрдæ Хъуысинæйæи. Уы- цы æрнæг цæстæнгасæй ,йæм цæмæндæр тасы æн- къарæн сæвзæрд, фæлæ уæддæр йæ уды равг нæ басаста фыдсыл сылгоймаг. Иæ цæстытæ фæхъу- лои кодта уазæгмæ æмæ, калмау сыф-сыфгæнгæ, фæстæмæ къæбицы смидæг. 149
Къуыдайраг дзургæ ницы скодта, æрмæст ацы хатт бынтон æргом æмæ налатгъуызæй бахудт йæ мидбылты. Уыцы ’хсæв аскъуыддзаг Хъуысинæйы хъысмæт. Зæронд Боба разыйы дзуапп радта минæвæрттæн æмæ чындзæхсæвы бон сæмгъуыд кодтой... Чызг, хабар базонгæйæ, сцæхæртæ калдта, ар- вы гуыбыны æхсидæвтæ атъыста: барвыста йæ фыд- мæ йæ уынаффæйыл разы кæй нæу, уыцы лæппуйæ кæй никæдбон смой кæпдзæн. Уый фæлтау, дам, уадз, мæ фыды уæлкъæй-уæлкъона базæронд уон! Цыбырхъуыр æмæ тызмæгравг уыд Боба. Уаз- джыты фынджы фарсмæ фæуагъта, йæхæдæг фес- тад æмæ, тыфылтæкалгæ йæ чызгмæ балæбурдта. Хъуысинæ сынтæджы æддарæс йæхи æруагъта æмæ, æвæццæгæн фырадæргæй, рæдзæ-фынæй ацис. — Уый ма та цы æрæмысыдтæ. мæ хъал чызг, æви дыл мæ гæрзрон рагæй нал æруад æмæ дæ цард дæ сæры бацыд, и?! — къæдзæхы фахсы хуы- зæн лæг, дуары фæлгæт æгасæй дæр бацахста. Йæ туджызылд цæстытæй фыдæхы стъæлфæнтæ схъиуд- та, цæсгом фырмæстæй ныззылыытæ. — Мæ хæдза- ры мæ ныхасæп афтæ аргъ чындæуы? Цæмæй мын æй рафаудтай, зæгъ-ма? Æви æлдары фыртмæ У дæ каст?! Хъуысинæ йæ фыды тардзæгъдæнмæ йæ сынтæ- гæй фæсæррæтт ласта, уыцы налатгъуызæй къуы- мы алæууыд æмæ къæйныхæй дзуры: — Æз уыцы... уыцы бирæгъы лæппынæй не смой кæндзынæн... — Афтæ у, уæдæ? — Боба дуары æвдузæн æрæх- гæдта, бауад æмæ, Хъуысинæйы дзыкку йæ цонгыл æртухгæйæ, дзуры, мæстыйæ. — Дæ амонд дæм йæ- хи къахæй æрцыд æмæ йæ ды та дæхицæй æхсойыс, гауыры гуыбынæйдзыд?! Байрох дæ, дæ фæстæ дæр ма дзы иу цъæх чызг кæй ис, æмæ дæ налаты тых- 150
хæй уый дæр фæндагмæ кæй дзыназы?.. У-у-у, цъаммар!! Ссыбыртт дæ куыднæуал фехъусон, æн- дæра дæ, мæнæ ацы кардæй лыстæг кæрдæнтæ скæндзынæн!.. — йæ фарсылдарæи кард чызджы хурхыл авæрдта фыд. Хъуысинæйæн йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Цыргъаджы уазалæй адзалы уазал ан- хъæвзта йе уæнгты, фæлæ ма уæддæр сфæрæзта зæгъын фыдæбоны чызг: — Хорз. Смой дзы кæпдзынæи, фæлæ мæ цы пайда фæкæна — уый йæхи!.. — æмæ йæ цъæх цæс- тытæ иалат æрттывд фæкодтой. — Уый мæнмæ нал хауы! Ардыгæй уал адде у æмæ стæй, кæд уæ нæ фæнды кæрæдзи бахæрут!..— фæбогъ ыл ласта Боба æмæ рафардæг. Рæстæг цыд. Хъуысинæйы уæлвæд йæ амонд ссардта Гуысинæ дæр. Кæмдæр æй иу, йæхийау фæлмæнтæ, хуыцауысконд сæрыхицау фæцис. Рай- гонд уыд йæ амондæй Бобайы кæсдæр чызг. Хуыз- ивæн дæр раст йæ цардмæгæсгæ акодта: йæ иухат- ты иарæг синтæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Цæс- гом, æнхъызт хыссæйау, — пух. Иудзырдæй, йæ цард къахæй ассон-ассон кодта. Æмæ уæд Хъуысинæ та?.. Хъуысинæйæ бæрæг- бæлвырд ницы хъуыст... Уæд дын иуахæмы Гуысинæ сфæнд кодта йæ иунæг мадызæнæджы абæрæг кæнын. Куыд æмбæ- лы, афтæ лæвæрттæ, хуынтæ сцæттæ кодта æмæ-иу сæурайсом йæ лæг Хъылциимæ араст сты Къуы- даргоммæ. Куыднæ бацин кодтаиккой дыууæ хойы кæрæ- дзийыл! Зæрдиагæй куыднæ сæмбæлдаид Хъæлци дæр йе ’мсиахсыл! Иу абонæй сын иннæ абонмæ цыты лæггæдтæ фæкодта, стæй уазджытæ цæуын æрæмысыдысты. 151
Хибарæй куы аззадысты, уæд Хъылци фæрсы Хъæлцийы: — Хъыгмæ йæ ма айс, мæ хорз хæстæг, фæлæ мæ иу хабар стыр дисы баппæрста æмæ мын æй хъуамæ райхалай... — Дзур. Дæумæ хъусæг — æз, — йæ рихи ас- хъаудта фысым. — Йед у... цæвиттон дыи де ’фсины кæмдæр стыр фыдцъылыстæ æмæ налат сылыстæг хуыдтой чыз- гæй. Йæ фыдныхы тыххæй, дам, æм курæг дæр ни- чи уæндыд, курæг. Æмæ ныр куыд къæссавæлдæхт фæцис, уæдæ?.. Аррæби, ныр æм цалдæр бопы аивæй мæ цæст дарын æмæ, хуыцауыстæн, ахæм чырыстон, æфсæрмдзæстыг сылгоймаг мæ царды никуыма фед- тон. Уый æмæ дыы нæхион! Хъал лæг, дам, йæ над иæ хъæр кæны — хатт мыл ахæм цъæхаст фæкæиы æмæ мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззайы. Æппæт- дæр йæхи куыд-фæнды, афтæ хъуамæ уа. Науæд фндистыл æмæ тæргæйттыл схæцы, æгас хъæубæс- тæ йæм æрæхъусынц. Иудзырдæй, доымæ мæ скъæ- ры, æмæ мæ æнæдонæй здахы. Афтæмæй та мыы æй сабыр æмæ мадзура хуыдтой!.. Æз дæ мад, дæ фы- ды уазæг, Хъæлци, ма мын бамбæхс цы хин, цы кæлæнтæ скодтай де ’фсииæн? Чизоны æмæ йæ кæсдæр хойæн дæр фæахъаз уой!.. — ныллæгъстæ йын кодта хъуырыцъарæй. Фысым та йæ сау рихитæ асхъаудта æмæ йæ мидбыл бахудт: — Хорз, Хъылци, бацамондзыиæн дын æй, кæд ма дын исты феххуыс уа, уæд... — къуымы æвæрд æргъæу чырынæй æвзистæхгæд æхсаргард сыста æмæ йæ уазæгмæ балæвæрдта: — Уый дын мæ хин дæр æмæ мæ кæлæытæ дæр„ мæ хорз æмсиахс!.. — Уый цы... джидзæг мæ кæныс?.. — фæхъыг Хъылци. 152
— Нæгъ, мæ фыдыстæн, цы уыд, уый зæгъын, — ныссомы кодта фысым.— Ацы дзаума у мæ хæрз- гæнæг. Раздæр-иу мын уæртæ къулы гауызыл ауыгъд уыд, ныр мæ, табу хуыцауæн, йæ сæр нал хъæуы æмæ йæ чырыны бафснайдтон... Байхъус мæм лæмбыыæг æмæ æппæт дæр бамбарай... Æмæ йыи рахабар кодта: Цæвиттоп, Хъæлци Хъуысинæйы куы ’рхаста, уыцы райсом сæумæцъæхæй фестад, æмæ Хъуыси- нæ йæ куыд уыдтаид афтæ, къулын гауызы раз æр- тыкъахыгыл фæтъæпæн. Иудзæвгар афтæ тызмæгдзаст, хъуыдывæйлы- дæй фæбадт, стæй æхсаргард йæ кæрддзæмæй фæ- цъортт ласта æмæ йæ ссон дурыл райдыдта дауын. Сылгоймаг та цымыдис кæд нæ у, — Хъуысинæ афтид мидæггæгты уадид йæ уæлхъус февзæрд. — Уый та ма цы кусыс?.. Æви стæры цæуын æрымысыдтæ?.. — фæрсы йæ былысчъилæй. Лæг æм сыбыртт не скодта, йæ хъуыддаг дард- дæр кæны. Сылгоймаг иу цъусдуг йæ алыварс арауай-ба- уай кодта, стæй та нал фæлæууыд: — Дæу куы фæрсын, цы федтай уыцы æфсæны гæбазы?.. * Ацы хатт дæр та йæм ницы сдзырдта Хъæлци, æрмæст хъуынджын æрфгуыты бын йæ сæпт-цъæх цæстытæ усмæ фæдзагъулкæнгæйæ, йæ фындзы бын цыдæртæ багуым-гуым кодта. Мæлæты хъыг куыднæ фæкаст уыцы хабар Бо- байы æнæрцæф чызгмæ! Афтид мидæггæгты йæ мойы раз хæбæцц алæууыд æмæ йæ дзыхыдзаг фæ- цъæхахст ласта: — Цы кусыс уый, мауал æй зæгъай, уæдæ!.. Марадз зæгъ! Читт дæр нæ фæкодта Хъæлци. Ссон-дур йæ бынаты бафснайдта. Кæттаджы гæ- базæй бæстон ныссæрфта цыргъаджы ком. Сыстад, 153-
Мадзурайæ усы дзыккутæй иу бындзыг ратыдта, æхсаргарды комыл æй авæрдта æмæ йыл бафу код- та. Хъуысинæ фергъуыйау. Æнахуыр æмæ йæм дис- •саг фæкастысты йæ мойы митæ æмæ йæм джихауæй кæсгæйæ баззад. Хъæлци та æхсаргард æвзидæгау батылдта æмæ сабыр, бынтон æнцой хъæлæсыуагæй загъта: — Ацы æхсаргардæй цы кæнын, зæгъгæ, уымæй мæ фæрсыс?.. Уый уал мæ искуы рамæсты кæн æмæ йæ стæй уæд базондзынæ... Иæ хъал зæрдæ бамæгуыр Хъуысинæйæн уыцы æргом æртхъирæнмæ. Бамбæрста Хъæлци хъазгæ кæй нæ кæны, æмæ йæ зæрдæйыуаг цæхгæр куынæ аива, уæд ын стыр бæллæхтæ кæй расайдзæн, æмæ фæсыкк, фæныхкъуырд хъалхаст чызг. Бонтæ сæхион кодтой. Хъуысинæ, кæд раздæри- мæ абаргæйæ, тыхджын фæсаст, уæддæр йæ хъаз- уат удысконд афтæ æваст кæм аивтаид! Хатт-иу дзы уæлдай иыхæстæ дæр сирвæзтытæ кодта, куы та-иу æргом ныхмæ дæр сдзырдта йæ моймæ. Ахæм рæстæджы-иу Хъæлци æвæстиатæй райдыдта да- уын æмæ цыргъкæнын йе ’хсаргард, æмæ та-иу йæ хылæмхиц æфсин дæр уадид æрсабыр. Бынтон къæссавæлдæхт та фæцис Хъуысинæ иуахæм цауы фæстæ: ...Уыцы бон суанг изæрмæ Хъæлци суг ласта хъæдæй. Изæрмилты сæхимæ фæлладæй æрбаздæхт æмæ, галты фсопдз исгæйæ, бадзырдта йе ’фсинмæ: — Уæртæ ус, марадз-ма, суадонæй мын уазал дон сдав, мæ хъуыр ныххус... Æнæуый дæр цыдæр йæ чемыл нæ уыд Хъуыси- нæ. Ныр кæлмдзæфау фестъæлфыд, арвмæ фæ- хауд, йæ къухтæ стылдта, сцъах-цъах кодта: — Уæд мын сæй, кæд дæ фыдæн дæр мæн хуы- зæн искæйуæттæ нæ уыдис! — суадоны уæлæты не 154
суадтæ, атъæпп мын уай, бануæзтаис дзы!.. — сыл- гоймаг æваст фембæрста æгæртæ дзы кæй сирвæзт, уый, фæлæ ма цафон!.. Хъæлци уæдмæ йæ галтæй иу суагъта, иннæ йын нырма æфсондзы бын уыд: куыд уыд, афтæ йæ фæуагъта æмæ рыгæйдзагæй хатæны смидæг. Хъуы- синæ дæр йæ хæдвæд, тæрсгæ-ризгæ бауад. Кæсы æмæ цы уыны!.. Хъæлци дауæн дур æхсаргардыл дыууæрдæм хæссы æмæ иыллæгхъæлæсæй зары: Ме ’хсаргард, хатыртæ ма зон, Алмасийæ у цыргъдæр. Знаджы-иу æфхæрын базон, Кæд уый ме ’фсин уа, уæддæр!.. Ацы æбуалгъы ныхæстæ фехъусгæйæ, сылгоймаг фыртæсæй базыр-зыр кодта. Иæ уæрджытыл æр- хауд лæджы раз æмæ, кæугæ-дзыпазгæйæ ныхха- тыд: — Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, мæ уарзон сæ- рыхицау, ацы хатт ма мын ныххатыр кæн!.. Ахæм стыр рæдыд никуыуал æруадздзынæи мæхиуыл!.. Хъæлци дзæвгар-дзæвгар æнцад фехъуыста йе ’фсины лæгъстæтæм, стæй æвæндонгъуызæй нытъ- тъыста йе ’хсаргард’ кæрддзæмы æмæ сабырæй загъта: — Хорз. Ацы хатт дæр ма дын хатыр фод. Уыцы бонæй къухылтухгæ фестад Бобайы хъал- хаст чызг. Ие ’ргом, йæ зæрдæ йæ мойырдæм аз- дæхта æмæ æмуд-æмзондæй цардысты. — Гъе уый дын мæ хин æмæ мæ кæлæнтæ, Хъыл- ци!.. — балхынцъ кодта йæ ныхас Хъæлци æмæ æх- саргард йæ быпаты бафснайдта. Уыцы изæр Хъылци æмæ Гуысинæ хæрзбонтæ загътой сæ фæрныг фысымтæн æмæ рараст сты сæ хæдзармæ. 155
Сæ иыццыды райсом Хъылци раджыгомау фес- тад, кæмдæр къæбицы, хæррæгъты быпæй йæ фы- дыфыды згæхæрд кард сласта, донбыл сбадт æмæ йæ сигæцыл райдыдта дауын. Гуысинæ йæм иудзæвгар æнхъæлмæ каст, фæ- лæ Хъылци зынæг куы никæцæй уыд, уæд æм æд- дæмæ рауад. Кæсы æмæ, дæлæ Хъылци цæугæдоны был тъæпæн дурыл бады æм^ цыдæр архайы. Гуы- синæ йæм пыууад. — Цы кусыс уый, нæ лæг, сæумæцъæхæй? Хъылци, цыма йæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уы- йау ницы дзуры. — Дæу куы фæрсын, уæртæ лæг, æви къуырма бадæ? ..? Хъылци карды фындз фæйнæджы гæбазмæ ныб- быцæу ласта æмæ йыл сигæц дæлæмæ-уæлæмæ хæссы. — Сау бонтæ мыл!.. Хъылци, цы дæм рауад? Уыцы кард та дæ цæмæн хъæуы?.. — фæджих сыл- гоймаг. — Уый уал мæ нырма истæуыл рамæсты кæн, стæй йæ уæд базондзынæ! — йæхи фæгæмæл кодта лæг æмæ сигæцæй тагъддæр адаудта. Гуысинæ исдуг дисхуызæй фæкаст йæ моймæ, стæй æвæццæгæн цыдæр фембæрста æмæ йæ хъæ- лæсыдзаг ныххудт, ныкъæл-къæл кодта фыдбоны сылыстæг æмæ, цæ мойы уæхск армытъæпæнæй æр- хойгæйæ, афтæ бакодта: — Гъе, ууыл та дæ, бæгуы, раздæр ахъуыды кæ- нын хъуыд, Хъылцибег. Ныр... байрæджы!.. — уы- цы ныхæстимæ Хъылцийы къухтæй кард райста æмæ йæ доны бавзылдта Гуысинæ. Стæй йæ лæ- джы цонгыл рахæцыд æмæ йæ, сæруагъд, уæнгтæ- хъйлæй акодта сæ хæдзармæ йæ разæй. 156
ДАНКОЙЫ ЗÆРДÆ (Фантастикон радзырд) Изæрмилтæ цадæггай бæзджын кæнын байдыд- той. Дæлоз, хиаразгæ цадæй рог уддзæф æрба- дымдта. Профессор Словеп йæ хæдоны æгънæджытæ суагъта æмæ гом фæрссагмæ æввахсдæр балæууыд. «Нæ, цы-фæнды куы зæгъай, уæддæр æгас «Сеты» галактикæйы амыхуызæн уæлдæф никуы ис!..» — райгондæй ахъуыды кодта лæг æмæ йæ риуыдзаг сулæфыд. Ардæм, уазæгдон «Титаны» 120-æм уæладзыгмæ горæт армæвæрдау зынд. Рахисæрдыгæй, къæдзæ- хы гуылмыз рагъыл æндонвидар цæджындзкъæх- тæй æрæнцад космикон «икс» — тынтæ æмбырдгæ- нæг портигъуыз, егъау тымбылæг. Кæд бонрухсæй ницы равзарæн уыд, уæддæр Словенмæ цæмæндæр афтæ фæкаст, цыма æдзухзилгæ къорийы айдæн- лæгъз уæлцъарыл хатт цæхæр-стъæлфæнтæ рахаты: афтæ-иу уыд уæлхъомысджын космикон рухскал- ды рæстæджы. Уырдыгæй, планетæйы иунæг тынахсæн станцы хуылфæй зæххыбынты згъордта царддæттæг энерги: куыстой йыл заводтæ æмæ фабриктæ, лаборатори- тæ æмæ дæсгай зонад-иртасæн институттæ. Уый тыхæй цфтонггонд цыд планетæ аслам æмæ прак- тикон æгъдауæй æвæугæ хъомысæй. йæ бынмæ та, цъæхæмвæлыст егъау фæзуатыл айтынг курортон микрогорæт. Арвы гуыбын рæхо- йæгау, хæрдмæ фæцыдысты бирæуæладзыгон улæ- фæн хæдзæрттæ. Сæ фарсмзр — ныллæгæвæрд кот- теджтæ, ирхæфсæн уагдæттæ. Ныгуылæг Рухстауæджы фæлмæн тынтæм цады уæлцъар бирæхуызтæй æрттывта. Сах ахорæнтæй 157
фыст, цалдæр спортивон байдаркæйы, æзфæраздæ- ронæй тырныдтой былгæронмæ. Пляжæй сæм чи- дæртæ тылдтой сæ къухтæ. Æваст дыууæ байдаркæйы, — 6-æм æмæ 13-æм номыртæ, — иннæтæй фæхицæн сты æмæ уыцы æм- дзуйæ æрбаленк кæнынц фæрсæй-фæрсмæ. «Гъм, цымæ сæ кæцы фæуæлахиз уыдзæн?..» — бацымыдис профессор, æмæ йæ фарсмæ фыпгæй перископ-бинокль æрбайста.—Æвæдза нæм а-фæс- таг рæстæджы спорты ацы хуыз тынг рапарахат. Æцæг, дам, нæ фыдæлтæм дæр планетæ Зæххыл æгады бынаты нæ уыд, фæлæ йын ныры ахадæни- мæ абарæн дæр нæй!..» — Бахатыр кæн, профессор, кæд дæ, зæгъын, истæмæн хъуыдтæн?.. — кибер-лæггадгæнæг æрба- хызт мидæмæ. — Нæ, ницæмæн.... Зæгъ-ма, киб, байдаркæ ис- куы аскъæрдтай? — Нæ, никуы, — бахудт уый. — Мах, кибертæ ерысы хайад нæ фæисæм. Уæд... — Уæд цымыдисаг нал уыдзысты, нæ?.. — фем- бæрста Словен. Кибер — æлвæстытæ, хæрзконд, лæппуарæзт ав- томат, йæ сæр разыхуызæй батылдта. — Уæддæр, цæвиттон, сбадтæ бæлæгъыл, уæд цахæм тагъдад равдисис?.. — Æз?.. æвæццæгæн мæ бон бауид дун-дунейы рекорд, спорты кæцы-фæнды хуызы дæр, дыууæ-æр- тæ хатты фæхуыздæр кæнын. Фæлæ ма ис мæнæй бирæ хъомысджындæр автоматтæ. Киберты хъару, комкоммæ баст у, конструктортæ сын сæ сæргæхцы цы плазмæйон магъз нывæрынц уый программæ æмæ цы буарыгъæдтæй конд сты, ууыл... — иузæ- лоц, æнцой хъæлæсæй ранымадта æфсæн лæг. — Хорз, киб, сæрибар дæ. О, хæдæгай, ме ’мбал 158
мæм æрбацæуинаг у, æмæ куы фæзына, уæд-иу æй ардæм рарвит. Кибер йæ сæр йæ риумæ фæкъул кодта æмæ рог къахдзæфтæй æддæмæ ахызт: дуар-автомат къулы лæсгæрæй ралæст æмæ æнæуынæрæй ахгæдта ми- дæмæ æрбахизæн. — Нæ, фæлæ уыцы лæппу кæм ис енырмæ?.. — йæ сахатмæ ’ркаст Словен. — Афонмæ хъуамæ зын- даид... —исдуг цæуылдæр адывæнд кодта, æмæ стæй сахаты тигъыл конд æрвгъуыз цæппузыр балхъыв- та. Уымæн уадид йæ уæлцъарыг хъен алæууыд. Уы- лынджыйас аптеннæ дзы фесхъиудта æмæ йæ уæл- вæд сахаты хуылфæй гæзæмæ уынæр райхъуыст. Словен циферблаты уæлæмхас фатыг бæрæг нымæцтыл уромгæйæ, зылдта сахатæздухæн. Уы- мæн æваст йæ уæлцъарыл фæрухс æмæ экраныл разынд рæсугъд хъæрнывтæй фыст: «Уазæгдон Ме- теор», стæй —та цавæрдæр райдзаст хатæн. — Хъусын дæм, æмбал!.. — экран æгасæйдæр ба- цахста кибер-информатор, — цыппаркъуымон, асыч- чы хуызæн автомат, цæстыты бæсты дыууæ сырх- бын, айдæнгъуыз зиллаккимæ. «Æмбал!.. Гъм, мæлæты сæрыстыр нæу ацы æф- сæн лæг!..» — Дæумæ хъусын, цы зæгъдзынæ?.. — Мæн хъæуынц инженер Тумановы видеоте- лефоны номыртæ... Автоматы экран-цæстыты æфсæн «уæлтъыфал- тæ» æрæмбæрзтой. Сæ бынæй дыдзы рухс ранывæз- та. «Æгæр бирæ хъуыды кæны, æвæццæгæн, зæронд модельтæй у...» — Инжеиер, космикон наутæ фæлварæг, Тума- нов Александры портативон видеотелефоны номыр- тæ сты 662589. Фæлæ йæхæдæг ныртæккæ ам нæй— 159
мæ хъæрмады импульсатортæ йæ уадид банкъард- таиккой. Æцæг, чысыл раздæр цыдæр гæххæтт ныу- уагъта... Ныртæккæ дам æй равдисдзынæн... «Æз уыдзынæн профессор Словенмæ, пансионат «Титаны», — бакаст лæг Тумановы фыстæг æмæ те- лефон рахицæн кодта. Дыууæ бæлæгъæй ничима фæразæй: раздæрау, фæрсæй-фæрсмæ тырныдтой былгæрон, цады тæ- нæджы ивæзт финишы лентæмæ. Бирæ сæ нал хъуыд нысанмæ æмæ ерысгæнджытæ сæхиуыл нал ауæрстой: Словенмæ бæлвырдæй зындысты лæппу- ты хидмæцъæл цæсгæмттæ, сæ алы фезмæлд. «Кæд 6-æм номыр фæразæй уа, уæд исты æхсыз- гон хабар хъусдзынæн абон, науæд та...» — йæ хъуыды кæронмæ нал ахæццæ: 6-æм номыр æваст йæ ныхмæлæууæгæй йæхи атыдта æмæ дзы бæн- дæнбæрц æрбаразæй ис. «Афтæ, афтæ!.. Тагъддæр, ноджы тагъддæр!..» — сабийау сынæрхъæц лæг, фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста: иннæ бæлæгъ æнæнхъæлæджы размæ фес- хуыста æмæ финишы урс уадздзаг акъуырдта йæ фындзæй. Уыцы уысм дуар æрбахостæуыд. — Мидæмæ!.. — фæстæмæ фæзылд лæг. — Дæ бонтæ хорз, профессор!.. — къæсæрæй æр- бахызт бæрзондгомау, фидæрттæкопд лæппу-лæг, æрвгъуыз костюмтæ æмæ фæтæнмæскъ сау шля- пæйы. Фысым æм исдуг кæсгæйæ баззад. — Бахатыр кæн, фæлæ... — Нал мæ базыдтай, æнхъæлдæн, Адам Гиор- гиевич?.. — бахудт лæппу. — Æз Туманов дæн... — Сашко! Хæйрæджы къах!..—фæрухс Словены цæсгом æмæ йæ размæ бакъахдзæф кодта. Дыууæ нæлгоймаджы: сæ иу æмбискардзыд, æгас планетæты Цæдисы зындгонд ахуыргонд, ин- 160
пæ — нырма æвзонг лæппу-лæг, æмкар хæлæрттау кæрæдзийыл ныттыхстысты. Стæй, сæ фембæлды æхцондзинад иучысыл куы ’рысыст, уæд Словен йæ уазæджы диваныл æрба- дын кодта æмæ йæхæдæг дæр йæ фарсмæ æрбадт. — Уæдæ ма космикон наутæ фæлварыс?.. Бæ- дæйнаг, Сашко, бæдæйнаг! Хъусын дын дæ хабæрт- тæ æмæ мын иттæг æхсызгои сты!.. Ехх, цы загъ- дæуа зæронд æрæмысæгæн, æндæра ма æз дæр би- рæтæн сæ фындз бæргæ амæрзин!.. — хæлæггæнæ- гау дзырдта фысым. — Цæмæн афтæ зæгъыс, Адам Гиоргиевич? Дæу бæрц нæ алкæмæн дæр куы бантысид: планетæйы фыццаг полигравитацион космикон нау «Пионеры» пилот, «Зеты» галактикæйы навигатор, Планетæты Цæдисы иууыл стырдæр хорзæх — Бриллиант Стъа- лыйы кавалер... Науæд дæ зонадон куыстытæ? Иу- нæг дæ «Ферросы орбитæйы газон циклонты иуæй- иу аххосæгтæ» дæр зынгæ бавæрд у космикон зо- нады... — ныллæгхъæлæсæй раиымадта Туманов æмæ цæмæндæр арф ныуулæфыд. — Уыдон се ’ппæт дæр ивгъуыды уыдысты, æмæ ивгъуыд боныл та хур нæ кæсы, мæ хæлар!.. Искæ- цы экспедицийы кой фехъусгæйæ ма мæ бæргæ фæ- фæнды мæ зонадон куыст ныхъхъуытты уадзын, æппæтыл дæр къух ауигъын æмæ та, раздæрау кос- моссæттджыты æмрæнхъ балæууын, фæлæ... дох- тыртæ, Сашко!.. Лæджы ссыбыртт дæр не суа- дзынц!.. Туманов ницыуал сдзырдта. Æрфыгæлхынцъæй бадт зæронд навигаторы фарсмæ æмæ цыдæр зæ- гъынхъусæй йæ дæллаг быЛ æхсыдта. Æхсæвы сау цæстытæ, сай-майты, фæтæнавг фæрссæгтæй æрбагудзицц кодтой æмæ хатæны дзау- мæттæ сæ мылаз тарфы аныгъуылдысты. Æнæуынæрæй байгом сыхаг хатæнмæ кæнæг ас- 11. Тедеты Р. 161
тæудуар, æмæ кибер алыгъуызон хæрд-нозтæй йе- дзаг фынг мидæмæ æрбатылдта. — Рухс-ма ссудз,— бадзырдта йæм Словен. Кибер рухс ссыгъта æмæ æхсæвы сау пæлæз, зæронд усы ивзыд сæрбæттæнау, фескъуыд, фæбы- рæгътæ. Иæ «хицау» ма йын йæ гæбæзтæ удаистæй рамбырдтæ кодта æмæ сæ дзаумæтты бынты анад- та. — Æввахсдæр æрбабад, мæ хæлар!.. — агуывзæ- тæ æрыдзаг кодта фысым. — Нæ, уымæй мæм ма бахат, фæлтау исты дыр- гъы дон... — агуывзæ аиуварс кодта Туманов. — Æмæ уæд цæуылнæ?.. Искуыдæм та дæхи рæвдз кæныс, мыййаг?.. — О, планетæ... планетæ Ферросмæ тæхæм... — йæ гуылмыз роцъо аууæрста Туманов æмæ йæ къæх- тыбынмæ нымдзаст. — Ферросмæ?.. Æмæ уырдыгæй Тобайты Була- ты экспедици куыиæма æрæздæхт?.. — Булаты экспедици бабын... — уырдыг слæу- уыд Туманов. — Бабын Булат йæхæдæг дæр... — Куыд?.. Булат?! Булат нал ис?! Уый цытæ дзурыс, Туманов Александр?! — йе ’рбацыдæй йæм фыццаг хатт сдзырдта йæ мыггагæй Словен. Фес- тад æмæ бæгъирд, æргъуыйау, цæстытæй ныккаст фыдуацæрбахæссæгмæ. — 0, нал ис Булат. Фæхъуыд не ’хсæнæй хъæ- батыр космоссæттæг... — сæруагъд, æрхæндæгæй сфæлхатт кодта науфæлварæг. Цыма уыцы ныхæстæм йæ фæстаг ныфсы таг æр- баскъуыд, уыйау, къæхтыбынæй ныккæрзыдта зæ- ронд. Нарæггуыр хрустал-агуывзæ æрхауд йæ риз- гæ къухæй æмæ лыстæг нызгъæлæнтæ. Нозт, бæз- джын сырх лæсæнæй азæй кодта нывæфтыд астæр- дыл. — Уæддæр сæм цы рауад?.. Цавæр бæллæх сæм- 162
бæлд экспедицийыл?.. — æрæджиау æндыгъд дæн- дæгты ’хсæнты ралæмæрста Словен æмæ, бандоныл йæхи æруадзгæйæ, зæрдæдзæфæй скаст лæппумæ. — Уый æххæст бæрæг нæма у. Ахуыргæндты иу къорд куыд зæгъы, афтæмæй йæ аххосаг у цавæр- дæр уæлхъомысджын вулканы нырма æнæзындгонд радиаци. Чи та йæ мега-тынты копденсацигоид ты- мыгъыл нымайы. Фæлæ се ’ппæт дæр разы сты, уы- цы фæзынд быптоп æнæнхъæлæджы æмæ æнахуыр кæй у, ууыл... — Ау, æмæ мега-тынтæ Ферросыл цы аразынц?.. Уыдонæн æрмæстдæр фыцгæуæлцъар хæрзæвзонг планетæтыл ис уæвæн!.. — Нæ зоиын, — йæ уæхсчытæ фелхъывта уазæг. — Зæгъыиц, зæгьгæ, дам, уыдон дæр кæд вулканы срæмыгъды фæстиуæгæн фæзындысты: се ’рбадты хæдразмæ плапетæйы ныгуылæйнаг хайы æнæнхъæ- лæджы тыхджын вулкан срæмыгъта. Срæмыгъды фотоспектрыл фæзынд, махæн нырма æнæзындгонд, дыууæ хахх-тыны. Уыдон æвдисæн сты химикон ре- акцийы цавæрдæр æбæрæг элементтæ активон ха- йад кæй истой. Ныртæккæ сын иæ ахуыргæндтæ фæлгъауынц сæ хиæдтæ. Агурынц сæ ныхмæ нейт- ралпзатортæ. Тагъд рæстæджы рабæрæг уыдзæн сæ сусæгдзинад æмæ уæд удхор планетæ рывæрдзæн йæ гæрзтæ. Мах æй басæттдзыстæм æмæ Булаты бæллиц дæр æххæст æрцæудзæн... — æрдхæрæгау балхынцъ кодта йæ ныхас науфæлварæг. — Цавæр бæллицц?.. — фæрсæджы каст æм ба- кодта профессор. Туманов, æнæисты сДзургæйæ, йæ дзыппæй мик- ролентæйы кассетæ систа æмæ йæ къулы монтаж- гопд, видеофоноскопы бавæрдта. Стæй дзы цавæр- дæр къæппæг фелхъывта æмæ иуварс алæууыд. Словен, йæ къухтæ сæвджын риуыл дзуарæвæрд 163
скæпгæйæ, уаераехгом цæстытæй каст фæрухсуæвæг экранмæ... ...Полигравитацион космоссæттæг нау «Бæгъа- тыр» йæхи хъавгæ æруагъта Ферросыл. Нау йæ ризынæй нæма банцад, афтæ, йæ чъыл- Дымæй æфсæи хæтæлгонд сивæзт. Стæй хæтæлы хуылфы цыдæр фæкъæрцц ласта æмæ аууондарау айхæлд: ныгуылæг Рухстауæджы тынтæ фæлурс цæхæр скалдтой антеннæйы хъандзал сиучъытыд. Иæ уæлвæд науы фарсыл æмдымбыл люк ми- дæмæ бацыд æмæ дзы цыппар космонавты æддæмæ рахызтысты. Уыдис сыл уæлвидар биопластикæй конд, æндæр æмæ æндæр хуызджын скафандртæ. Булат уадид перископ-биноклы хæтæл зæххыл æрфидар кодта æмæ дзы акаст: алфæмблай уыд быгъдæг, æдзæрæг быдыр. Цъымараджын лæхъир мæрæй, æнæуынгæ хылд фæздæггъуыз хъарм тæ- фау, æмæ тæнвæлм мигъхъæццулæй бадт сæ сæр- мæ. — Уæдæ афтæ, æмбæлттæ!.. — микрофонты рай- хъуыст командоры хъæлæс, — нæ архайды нывæз- ты ивд ницы цæуы. Фыццаджы-фыццаг уал бас- гардзыстæм планетæйы уæлцъар 100—150 км ра- диусыл. Фембæлды бынат — космикоп нау, Афои — командор йæ цæнгдысыл фидаргонд магнитон са- хатмæ ’ркаст — растæндæр æртæ сахаты фæстæ. Уæлдай тынгдæр уæ хъусдард здахут радиацион æндæвдадмæ. Ис гæнæн æмæ планетæйыл разыной ра^диацийы æбæрæг хуызтæ... — Булаты !хъæлæс исдуг цæмæндæр ферхæцыд, стæй йæ ныхас фæкарз кодта. — Кæд исты зынвадаты бахауат, уæд æвæс- тиатæй наумæ куыд хъусын кæнат. Æнæаскъуыйгæ бастдзинад дарут кæрæдзимæ дæр. Уæ зæрдыл лæу- уæд: мах ам стæм фыццаг сгарджытæ. Нæ хæс у æрмæстдæр планетæйы иумæйаг сконд, йæ мæры 164
хæдарæзт сбæрæг кæнын æмæ хиваст, æнæхъуыды митæй уæхи хъахъхъæнут... —Ис, æмбал командор!..—æмхъæлæсæй сдзырд- той космонавттæ. — Уæдæ фæндараст, лæппутæ!.. Уастырджи уе ’мбал!.. Космонавттæй дыууæ иудзæвгар, фатæхстау æм- раст, уæлдæфы сленк кодтой, стæй æваст фæйнæ- рдæм фæцыдысты æмæ уадид фæлмбадт уæлдæфы æрбайсæфтысты. Булаты цур ма аззад экспедицийы æппæты æвзонгдæр хайадисæг, пилот Валерьянов. — Байхъус-ма, — командоры уæзгæ арм лæппу- йы уæхскыл æрæнцад. Хъарудывæргæнæг хъомыс- джып биоæнгуылдзтæ йæ тыхджын æрбалхъыв той — уый йæм фемдзаст æмæ фæджих: Булаты бæзджын æрфгуытæ кæрæдзийыл нылхынцъ сты, æлхъывд былты дæлкъуым арф ауæдз æрбадт. Йæ хъæбатыр, гæзæмæ дæргъæлвæс цæсгом уыд са- гьæсдзыд. — Байхъус-ма, Валерьянов. Цы-фæнды фыд ныл ма ’рцæуа, уæддæр иауæй куыд нæ ра- къахдзæф кæнай! Уый бардзырд у, фæлæ йæ зон!.. Кæд снысаигонд рæстæгмæ иæ фæзынæм, уæд дæ боп у æмæ Роббийы арвитай нæ агурæг. Ныр ацу. Дæ хъус лæмбынæг дар информацион прибортæм æмæ мын алфæмблайы цы-фæнды чысыл ивындзи- иад дæр уадид хъусын кæп!.. — æхсойæгау æй ба- кодта пауырдæм æмæ йæ мидбылты бахудт. — Хорз, — пилот дыгъуырццæгæй бакаст Булат- мæ, фæлæ дзургæ ницы скодта: науы хуылфмæ ба- хызт æмæ сæ уадид дуар-автомат фæхицæн кодта. Булат иудзæвгар хъуыдывæйлыдæй алæууыд на- уы уæлхъус. Стæй арф ныуулæфыд æмæ йæ галиу дæлармы бын цавæрдæр^ къæппæг фелхъывта. Æиæуыиæрæй скуыстой йæ дæлуæнты конд ан- тнгравитатортæ: лæг цадæггай зæххæй фæхицæн æмæ, аргъæутты Хъæндзæргæсау, йæ базырцæнгтæ 165
фæйнæрдæм айтындзгæйæ, ныллæджыты атахт Цæ- гатырдæм... «Цæмæн афтæ катайгъуыз уыдаид командор?.. Ома истæуыл гуырысхо кæны?.. Æмæ уæд цæуыл?..» *— информацион хайады пульты раз бадгæйæ, хъуы- дытæ кодта Валерьянов. — Прибортæ тæссагæй куы ницы ’вдисынц... — лæппу йæ цæст ахаста бирæны- мæц аппараттыл. — Нæ, алцыдæр цыма нывыл у, æцæг... — пилот, универсалон змæлдæнкъарæг «Ирен-12»-мæ фæкомкоммæ. Уый уыд зæххон зо- нады сгуыхтдзинад. Дæсгай ахуыргæндты æввæл- лайгæ куысты фæстиуæг. Куыд дзырдтой афтæмæй, уый иу милибаллон зæххæнкъуыст дæр хатыд цал- дæр мип километры дæрддзæгмæ. Фондзсæдæ ки- лометры радиусыл та æикъардта радиацийы дыдзы тæваг дæр. Ахæм рæстæджы-иу аппарат, йæхивас- тæй сиу кодта науы дыцъарыджы моытажгопд уæл- хъомысджын аннигилятортæ æмæ-иу радиацийы цьь фæнды тыхджын уылæн дæр куынæг æрцыд цал- дæр уысммæ. «Ирен-12»-ы сæр уæлдай тыигдæр хъуыд косми- кон балцыты рæстæджы. Уым, æгæрон тыгъдады арæх «фæтезгъо» кæиыиц хæдæвзæргæ радиациоп тымыгътæ, тæвдкалгæ радиоактивон кометæтæ æмæ сæ æрвылхатт йæхи фæтылив кæнын нæ бантысы космикон бæгъатырæн. — Æрбакæс-ма, Робби, «Ирены» индикаторы фа- тыг цыма змæлæгау кæны? — О, змæлы, — цыбырæй бафидар кодта робот. — Æмæ уæд рагæй?.. — фæтыхст лæппу. — «Цы- мæ йæ командор федтаид?.. Æвæццæгæн уымæн мæтгъуыз уыд æрдæбон!..» — ахъуыды кодта йæ- хинымæры. — О, рагæй. Куы ’рбадтыстæм, уый хæдуæлвæд райдыдта. Командор дæр æй федта... — Æмæ уæд цæуылнæ исты загъта?.. 166
— Æмæ, дæ зæрде, цы хъуамæ зæгъа? Фатыг хæрзчысыл йæ мидбынаты змæлы æмæ уый йе ско- йы аккаг дæр нæ^. Науæд цы-фæнды тыхджын зæх- хæнкъуыст дæр махæн цы хъомыл у? — æдыхстæй загъта робот æмæ, Валерьяновы фарсмæ, пульты раз слæууыд. «Иреп-12»-ы иууыл «къæрццхъусдæр» индика- тортæй иуы фатыг, æцæгдæр «нуль» — æвдисæны арæнæй гæзæмæ схызт æмæ йæ мидуаты ризæгау кодта. Лæппу йæхимæ рамæсты: «Уый цух ма уыдтæн æмæ мыл Робби дæр тæппудæй бахуда!.. Æцæг ахæм вазыгджын æмæ дард балцыты хайад никуы- ма истон, фæлæ уæддæр...» — къæлæтджыныл йæ- хи фæстæуæз ауагъта æмæ роботмæ скаст: — Зæгъ-ма, Робби, Тобайы фыртимæ ма искуы космикон балцы уыдтæ?.. Æз фыццаг хатт дæн йе- мæ æмæ... — Фæлæуу-ма!.. — æваст ып йæ пыхас фескъуыд- та робот. Пультыл фæдисæй ферттив-ферттив кодта ипди- каторы сырх цæст: уый скуыстой космикон науы радиацийы нейтрализатортæ. «Ирен-12»-ы индикатортæ дæр, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау сæлхæр гæппытæ систой цифер- блатыл. Уæлдай «зиæтдæр» уыдысты, радиацийы æмвæзад чи æвдыста, уыцы прибортæ. Иууыл стыр- дæр индикаторы фатыг сырх хаххы æмбуар зыр- зыр кодта: уый æвдисæн уыд, радиацийы сæргуы- рæны мæлæтæй тас кæй у цы-фæнды гоймагæн дæр. Фæлæ робот уыцы æвдисæнæй нæ фæтарст, мый- йаг! Йæ плазмæйоп тагъдхъуыдыгæнæг сæрымагъзы бынтон æндæр хъуыды, æпдæр тасæнкъарæн асенк ласта æрвæрттывдау. Ие* ’ппæтуынæг, æнæныкъул- гæ «цæстытæ» «Ирен-12»-ы радиацион спектограф- мæ пымдзаст сты æмæ фæиртасып нал куымдтой. 167
— Бакæс-ма, бакæс, Валерьянов, цытæ цæуы эк- раныл!? — видеофыссæны къæппæг фелхъивгæйæ, сдзырдта тарст хъæлæсæй. — Цы хабар у?.. Цæмæн афтæ æваст æмæ æнæн- хъæлæджы фæивтой приборты æвдисæнтæ?! — йæ бынатæй фæсæррæтт ласта уый дæр. Экраныл æцæгдæр æнахуыр диссæгтæ цыд: ар- выронау сах æмæ уысмæн хуызивæнтæгæнæг радиа- цион спектры тæккæ астæу дыууæ æнæзонгæ хах- хæвдисæны фæзынд. Уыдон уыдысты иннæтæй æнæ- нцой æмæ тæлфагдæр. Æндæр уыд сæ дæргъ, сæ формæ. Хатт иу кæрæдзимæ милæнгом сæхи ныл- вæстой. Исдуг иу афтæ аззадысты, стæй та иу æваст фæйнæрдæм сæхи фесхуыстой, кæлмытау ивæзты- тæ æмæ къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ. — Цавæрдæр æнæзындгонд радиаци! Лæппутæ!.. лæппутæ сæфдзысты!.. Фехъусын сын хъæуы æвæс- тиатæй!.. — фыццаг йе ’муд æрцыд Валерьянов. Робот иу сæррæттæн видеорацийы раз февзæрд. Фæлæ уыцы уысм рацийы хуылфæй райхъуыст кос- монавттæй кæцыдæры æрхæцгæ хъæлæс: — Бæгъатыр... Бæгъатыр... æз Уари дæн... Уæхи хъахъхъæнут... Айсут уæхи ацы кæлæйнаг планетæ- йæ... Ныртæккæ уый у иунæг фæрæз... Бæгъатыр... Бæгъатыр... æз Уари дæн... — Лæппутæ, цы хабар у?! Цы фыд уыл æрцыд?!.. Кæм ис де ’мбал та?! — микрофонмæ, æррайау фæ- лæбурдта пилот, — Робби, пеленг!.. Динамикæй исдуг ницыуал райхъуыст, стæй кос- монавты æдых хъæлæс адарддæр кодта: — Ме ’мбал æвæццæгæн нал ис... Уый æввахс- дæр уыд срæмыгъды эпицентрмæ. Булатæн зæгъут... уылæн рацæуы... уæхи дзы бахизут... — Цавæр уылæп? Цы кодтай, Уари?! Уари!!' — ныууырдыг видеорацийыл Валерьянов, фæлæ аппа- ратæй сым дæр нал райхъуыст. 168
— Пеленг æвдисы Уарийы координаттæ, — са- бырдзинад фехæлдта робот,— 1216 миликвадрат. — Уый, срæмыгъд бынатæй 130—135 километры ардыгæйдæр у. — «Ирен-12»-ы æвдисæнтæм ба- кæсгæйæ, бакатай кодта лæппу. — Афтæ æмæ ради- ацийы уылæн минутмæ æрмæстдæр дæс, фынддæс километры дæрддзæг æмбæрзы. Цы бачындæуа?.. — Байхъус мæм лæмбынæг, Валерьянов, — рай- хъуыст æваст йæ фарсмæ командоры æндыгъд хъæ- лæс. — Æвæстиатæй арвит роботы космонавттæм. Æрбахæссæд сæ æмæ сæ бальзам-изоляторы бавæ- рæд: чизоны ма сын исты феххуыс уа... Дæхæдæг сæм æввахс ма бацу. Ма дæр робот рахизæт изо- ляторæй — гæнæн ис æмæ радиацийæ фæхъæстæ уай... Уый фæстæ — нау де ’вджид: комкоммæ æм- дзугæнæг центрмæ!.. — Æмæ уæд дæхæдæг?.. Дæхæдæг, командор?!— фестъæлфыд пилот. — Рæстæг дын нырма ис, — цæстызулæй бакаст «Иреи-12»-мы æвдисæнтæм æмæ йæхинымæры цыдæртæ анымадта. — Радиаци- йы уылæн фынддæс километрæй фылдæр нæ ара- зы минутмæ. Рыййафдзынæ ма... Тагъддæр наумæ, командор!.. ’— Мæн нырма датчик-информатор сæвæрын хъæуы. Фæстиат мауал кæн, арвит роботы... — Уыцы информатор дæр робот сæвæрдзæн. Раз- дæх, командор!.. — йæ цæстæнгас Роббийæ æмбæхс- гæйæ, фæхъæр ласта пилот. — Робот се ’ппæтыл нæ аххæсдзæн, æмбал Ва- лерьяпов, фæлæ бардзырд æххæст кæн!.. — карзæй æрдомдта Булат. Робот, æнæдзургæйæ, биоманипулятортæ йе ’фцæ- джы бафтыдта æмæ æддæмæ ахызт. — Раздæх, раздæх, комаидор!.. Информатор æп- дæр хатт дæр бауромдзыстæм!.. Фæстæдæр!.. Ис- куы!.. Уадз æмæ ныр та æндæртæ!.. — йе ’дыхдзи- 169-
над æнкъаргæйæ, фæстаг тыхтæй хъæрахст кодта Валерьянов. — Æндæр хатт ноджы зындæр уыдзæн, пилот!.. Ам, æрæджы баконд планетæйыл, радиацион срæ- мыгътытæ, æвæццæгæн тынг стæм хатт вæййынц... Рæстæг та æрхъæцмæ нæ лæууы... Æндæртæн но- джы зындæр уыдзæн... ног фыдæбон... ног амæттæг- тæ... Стæй дæр мын мæ намыс уый бар нæ дæтты æмæ хъуыддаг æрдæгкондæй ныууадзон... — коман- доры хъæлæс куыдфæстагмæ ныллæгæй-ныллæг- дæр кодта: пилотмæ ма сыбар-сыбурау хъуыст йæ ныхас. Валерьянов видеоэкраныл дзæбæх уыдта коман- доры. Уæртæ гъе, Булат йæ фæстаг тыхтæй, микро- информатор атомон аккумулятортæм баиу кодта æмæ пилотмæ афтæ фæкаст, цыма лæг æхсызгонæй сулæфыд. Уымæн йæ алы фезмæлд дæр уыд уæззау æмæ æнæфердæхт: æвæццæгæн æм радиацийы тæ- ваг баххæссыд æмæ байсæфт йе уонджы хъомыс, йæ фердæхтдзинад. — Хæрзбон, Валерьяпов,.. хæрзбои, лæппутæ... Æрбацæуы, æрбацæуы мæлæтхæсс сау уылæн... уæ- хи дзы бахизут... — загъта ма æдых, æрхæцгæ хъæ- лæсæй æмæ стæй, уæззаугай хуылыдз зæххыл æр- ныхас. Валерьяновмæ исдуг афтæ фæкаст, цыма лæх •сæнттæ цæгъды, ’фæлæ мæнæ командор йæ рæм- бынкъæдзыл рабадт æмæ фидарæй загъта: — Нæ, Валерьянов!.. Мах уæддæр фæуæлахиз стæм!.. Зæххон дзигло йæ сæр не ’ркъул кодта гуы- мир планетæйы раз! Нæ фæстæ æрцæудзысты æн- дæртæ æмæ ацы быгъдæг атагъаты дидинæфтау бы- дыртæ фестын кæндзысты!... — цыма йæ фæстаг тыхтæ уыцы дзырдтимæ рафтыдысты, уыйау, ми- нимаячы зæнгыл, æдыхгæнæг къухтæй ныххæцгæ- йаё, зæххыл дæлгоммæ ныффæлдæхт лæппу. 170
Пилот къæхтыбынæй ныхъхъæрзыдта. Йæ уæр- джытæ сæхивастæй æрдыдагъ сты æмæ къæлæтджы- ныл æрхауд. Робот æрбаздæхт. Ныллæджыты æрбатахт па- уы цурмæ æмæ кюсмонавтты арæхстгай зæххыл æр- уагъта. Валерьянов перископы тымбыл экраныл уыдта йе ’мбæлтты мæрдонгъуыз цæсгæмттæ æмæ цæмæн- дæр йæхи аххосджыныл нымадта сæ разы. Исдуг æддæмæ ахизын дæр афæнд кодта, фæлæ командо ры карз фæдзæхст йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæхи ныуурæдта. Робот космонавтты бальзам-изолятормæ байста æмæ динамикæй райхъуыст йæ джиппыуагъд хъæ- лæс: — Бардзырд æххæст æрцыд, космонавтты изо- ляторы æрбæстон кодтон. — Куыд у сæ уавæр? — æрхæндæгæй афарста тилот. — Тынг æвзæр. Пульс не ’нкъардæуы, буар — ембæлонæй уазалдæр. Æцæг, сæ иуæн цыма ницы- ;æр у... — «Чизоны ма сын исты феххуыс уа, чизоны... 1фтæ загъта командор Булат дæр... Æмæ уæд йæ- [æдæг та?.. Йæхæдæг зæфцы фыдæй куыд бабын уа?! — фестъæл’фыд лæппу. — Нæ, уыцы /æбуал- гъы хабарæн æруадзæн нæй!..» — цæрдæг бауад наутæрæн блокмæ. Цавæрдæр цæлхыгтæ дзы æр- зылдта. Сæйраг пульт-автоматы хæдсæр аварион клавишæйыл æрхæцыд æмæ стæй микрофоны адзырдта: — Байхъус мæм, Робби. Æз сиу кодтон автома- тон балцдары блок. Стдæс минуты фæстæ, нау æнæ- пилотæй стæхдзæн æмæ йæ фæндаг адардзæн не ’рбадты бынат — планетæ «Ленинмæ». Лæппутæ — де ’вджид, чизоны æмæ ма... — йæ мидныфс æх- 171
хæстæй нал раргом кодта. — Æз цæуын. Кæд æм- гъуыдмæ ’рбаздæхон, уæд хорз, науæд—рæст- вæндаг!.. — Кæдæм, кæдæм цæуыс, пилот Валерьянов?! — Булатмæ, — цыбыр дзуапп радта уый. — Æз ацæудзынæн дæ бæсты. Лæджы уд зы- наргъдæр у цы-фæнды роботæй. — Дæуæн лæппутæй ацæуæн нæй, Робби. Æз семæ ницы бакæндзынæн. Хæрзбон... — дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй асæррæтт лас- та науæй. Алфæмблайы цыма уадиссаг ницы ивындзинæд- тæ ’рцыд. Æрмæст Хуссарæрдæм уазал дымгæ улæ- фыд. Мигъвæлмы тæнхъæццул дæр йæхи уæлдæр систа, уæлдæфы апырхау æмæ уынындзинад фæ- хуыздæр. Скафандрты прибортæ тæссагæй ницыма ’вдыстой. «Æвæццæгæн радиацийы тæваг аййæнгты пæма ’рбахæццæ...» — ахъуыды кодта Валерьянов æмæ гравитацион змæлынгæнæджы тагъдад фæфылдæр кодта. — Чизоны ма йæ удмидæг баййафон... чизо- пы... Науы æгæр афæстиат дæн... Уæлдæр стæхын хъæуы: мæ уынынад фæуæрæхдæр уыдзæн...» — компасмæ ’ркаст æмæ уæлдæфы йæхи зулаив сис- та. Спидометры фатыг нымæц 190-йыл батæлфыд. — «Тагъддæр... тагъддæр... тагъддæр!..» — зæр- дæйы фæдисхост удаистæй цавта къæмисæнтæм. Лæппу, йæ къабæзтæ фæйнæрдæм байтындзгæйæ, фатæхстау, комкоммæ тахт йæ нысанмæ. «Фæтагъддæр хъæуы ноджы. Алы уысм дæр зынаргъ у пыртæккæ!..» — тагъдады регулятор кæ- ронмæ æрзылдта пилот. — Хъæддых уæлдæф мæстыгъуызæй ныссыф-сыф лкста йæ хъусвæрсты, сæр разылд, цæстытæ атар 172
сты, фæлæ уый хыгъд спидометры фатыг сырх хах- хæй ахызт æмæ нымæц 350 цур зыр-зыр кодта. Дæлоз, мигъвæздæджы згъуыдтæй, иуафон мик- ромаячы ныкъулгæ цæст ферттывта. Цахæмдæр, зæх- оп иударон ныхæстæй æнæзæгъгæхъармдзинад æр- бапдæвта Валерьяиовмæ уыцы къапнæг сырхбып рухсæй, æмæ фæн’ыфсджындæр. — Цы фæдæ, Валерьянов, цæмæннæ дзуапп дæт- тыс?... — кæд уый гæнæн нæ уыд, уæддæр пилотмæ цæмæндæр афтæ фæкаст, цыма цавæрдæр тыхст- дзипад фæхатыд æфсæнлæджы иузæлон хъæлæсы- уаджы. Æппæт дæр нывыл у, Робби. Мæ нысанмæ фæ- хæццæ кæнын!.. — рыййæфта ма зæгъын, змæлын- гæпæджы тагъдад фæсындæгдæр кæигæйæ пилот, стæй йе уæнгтæ æваст æрлæмæгъ сты, змæлынгæ- нæг дæр йæ куыстæй ферхæцыд, æмæ Валерьянов, комапдорæй 10—60 метры æддæдæр, нæмыгдзæф маргъау, уæззаугай зæхмæ æрхауд. — Цы кодтай, пилот?.. Цы хабар у?! — Роббийы тыхст хъæрахст æй йе ’муд æрцæуын кодта. — Радиаци... цавæрдæр æлгъыстаджы радиаци!.. Не скафандртæ йæ ныхмæ гæххæттæй хъауджыдæр нæ лæууынц... Змæлынгæнæг дæр... Зæгъ-иу уым... Алцы дæр иу зæгъ, Робби!.. Мах æппæт дæр сарæз- там планетæ басæттынæн, фæлæ уый тыхджындæр разынд... Мах фæстæмæ æрæздæхдзыстæм... æндæр скафандртæ... мах... — йæ ныхас аскъуыд æрдæгыл лæппуйæн. Æрвгъуыз рæсугъд цæстыты цадæггай батад царды тæлмæн æмæ, фæдисы артæй судзгæ маякмæ дзагъырæй баззадысты... Пилоты фæстаг ныхæстæ робот фехъуыста уæл- дæфы. Космикон нау «Бæгъатыр» йæхи уæззаугай систа æмæ, æрвылуысм йæ тагъдад фылдæркæигæ- йæ, топпы нæмыгау, гæрста космикон тыгъдад... Бынæй, планетæ Ферросыл баззад йæ зынгхуыст 173
экипаж. Уым, æцæгæлон зæххыл, хъæбысгæнæгау ныддæлгом хъæбатыр командор, ирон лæппу То- байты Булат. Ие ’дзард æнгуылдзтæ удисæджы фæстаг æлхъывд æрбакодтой цырт-маячы зæнг, æмæ уый дæр, Данкойы зæрдæйау, æгъуысгæ цы- рагъæй сыгъд йæ сæрмæ... * * * Экран ахуыссыд. Хатæны уæвджытæ, иу бопы- бонцау, æнæссыбырттæй алæууыдысты, стæй Сло- вен бафарста: — Кæд æрцыд ацы хабар! Æз йенырмæ цæуыл- нæ исты зыдтон?.. — Катастрофæ ’хсæз сахаты размæ ’рцыд. Цал- дæр хатты дæм дзырдтон, фæлæ ваккум-лаборато- рийы уыдтæ æмæ дæ нæ бахъыгдардтон. Æнамонд цауы тыххæй та уыд сæрмагонд хъусинаг. Æцæг, хъуыддаджы бæлвырддзинæдтæ уым афтæ лæмбы- нæг пæ зæгъдзысты — алкæмæп сæ зонын пæма ’мбæлы... — Æмбаринаг у, ...дарддæр?.. — Словен фембæр- ста науфæлварæг æм хуымæтæджы кæй пæ фæуа- зæг: йе ’рбацыд «Бæгъатыры» катастрофæимæ цы- дæрхуызы баст кæй у. —Акадсмик Кравцов мын бахæс кодта, цæмæй дæ экспертизæйы иуæй-иу хатдзæгтимæ базопгæ кæ- нон, — йæ дзыппæй цавæрдæр гæххæттытæ систа уазæг. — Хъæуы сæ лабораторон æгъдауæй бафи- дар кæнын. Æрмæст, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд- дæр. Сом ацафон «С»-йы планетæйыл уыдзæн га- лактикæйы космологты æнæрадон æмбырд æмæ сæ уырдæм хъуамæ бавдисæм. — Зæронд йæхæдæг та цы ми кæны? — Кравцов ныртæккæ иукъорд ахуыргæндимæ 174
«Саджы» стъалыйыл ис. Уырдыгæй хъуамæ æрвыст æрцæуа пог стъалытæх. Зæронд къухдариуæг кæпы космикон нау стартмæ бацæттæ кæныны куысты- тæп. Хъуамæ ацы æртæ боны атæха Ферросмæ «Бæ- гъатыр-2»-аг, цалынмæ дзы радиацион рухскалд бынтон нæ бамынæг, уæдмæ. Уыцы цыбыр æм- гъуыдмæ хъуамæ рафæлгъуыд æрцæуой планетæ- йы сусæгдзинæдтæ, цæмæй йæ амæттаг макæйуал бакæна... — Уæдæ мах дæр фæстиат мауал кæнæм, цом лабораторимæ, — верандæйы ’рдæм ацамыдта про- фессор. — О, хæдæгай, Булаты æвæрд датчик-ин- форматор та куыд кусы?.. — Иттæг хорз. Æнæуый. æвæццæгæн нæ бон дæр не суид Ферросы радиацион срæмыгъды хиæд- тæ сбæрæг кæнын. — Тæккæ абон ног конструкцийы датчик сфæл- вæрдтам. 'Уый иннæтæй бирæ ^ъомысджындæр) хъуамæ уа — быитон æидæр принциптыл арæзт у. — Дæхи конструкци у, профессор?.. — О, мæхи. Уыцы æлгъыст планетæйыл дæр æй мæхæдæг сæвæрдзынæн, — фидарæй загъта ахуыр- гонд. — Куыд?.. Дæхæдæг... æмæ... — Ай-гъайдæр, мæхæдæг! Æз атæхдзынæн пла- нетæ Ферросмæ!.. — 0, фæлæ, уæд... дохтыртæ та?.. — Ницы кæны, дохтыртæ бабыхсдзысты! Крав- цов мын баххуыс кæндзæн. Мæхимæ ма уыйбæрц хъару хатын æмæ ацы балцы фаг дæр скомон. Æгъ- гъæд мын у ам, фæсчъылдым алыгъуызон химикон реактортæ дзуарсæ кæнын!.. Стæй дæр Булат... мæхи хъæбулы йас æй уарзтон... — ферхæцыд æваст йæ хъæлæс зæрондæн. Науфæлварæг дисхуызæй нымдзаст лæгмæ: Сло- вены фæлурс цæсгомыл цавæрдæр сæруæлдайдзи- 175
нады гакк æрбадт, йæ хъоппæг цæстытæ фыдæхы цæхæр æвзылдтой. Ахæм цæстæигас ма вæййы, æвæццæгæн, нæрæмон домбайæн дæр, цуанæй æр- баздæхгæйæ, йе ’дзард хъæбулы уæлхъус тугдзых сырды куы ’рбаййафы, уæд... — Дапкойау, легендарон Данкойау, срæдывта йæ риуæй йæ судзгæ зæрдæ Булат æмæ йæ, фæди- сы артау, ныссагъта фæлдыст планетæйыл... — къæхтыбынæй ныууынæргъыдта лæг.—Мах дæ уæд- дæр басæтдзыстæм. Зæххы фырттæ фæстæмæ алæууын иæ зонынц! Басæтдзыстæм дæ, куыд дæ размæ басастам æмæ «æрмахуыр» скодтам дæсгай æмæ сæдæгай де ’фсымæр-планетæты, афтæ!..—ар- вы тарбын тыгъдады фæлурс-æвзистхуызæй чи сыгъд, уыцы планетæмæ тымбылкъухæй бавзыста Словеи. Мæйрухс, хъарм æхсæв уыд. Цыма Дун-дуне- йыл мисхал дæр ницы ивындзинæдтæ ’рцыд, уыйау, арвы къуырф риуыл æвæлмасæй тыбар-тыбур код- той мин-мин стъалытæ. Уазæгдон «Титаны» разтыргъæй дыууæ сау æн- дæрджы фæхицæн сты æмæ фæсгорæт космикон ла- бораторимæ сæ ных сарæзтой... Цхинвал СТЪАЛЫТÆХ «ИКАРТЫ» БАБЫН (Фантастикон радзырд) Дзамболат наутæрæн блокмæ бахызт æмæ дуар йæ фæдыл бассыдта. Пульты раз бадтысты астро- 176
пилоттæ Лейк æмæ Танг. Командоры ауынгæйæ, сæ бынæттæй фестадысты. Танг размæ ракъахдзæф кодта: — Æмбал командор!.. — Дзур, цы ивындзинæдтæ ис алфæмблайы?.. — Уа-диссаг ницы, командор. Æрмæст ныл, цы- ма, кæцæйдæр цавæрдæр тынивылд æндавы... — радиаци æвдисæг прибортæм ацамыдта Танг. Æцæгдæр, индикатортæй сæ иуы фатæг сырх хаххæй гæзæмæ фæуæлбыл æмæ йæхимид зыр-зыр кодта. Аппаратæй хъуыст характерон цъыс-цъыс æмæ къæрццытæ. — Йæ координаттæ?.. йæ хъомыс?.. — Нырма сæ не сбæлвырд кодтам. Ацы тæккæ йæ фенкъардтой прибортæ, æмæ... — Хорз. Сбæрæг сæ кæнут æмæ мыи сæ фехъу- сын кæнут!.. Кабинæйæ рахизгæйæ, йе ’нцой зæрдæйыуаг æрбайсæфт, фæлæ йын йæ аххосаг рæстмæ нæ бам- бæрста. «Гъм, ома уыцы æнæбары фæлхъæзæн! Æмæ йе скойы аккаг дæр куынæ у: цæмæйдæриддæр ис гæнæн æмæ фæзындаид... Æнхъæлдæн æмæ зæронд кæныи райдыдтай, мæ хæлар!—æрхудт йæхи- уыл. — О, фæлæ, уæддæр кæцæй равзæрд, ам 300 мин километры радиусыл куыпæ фыцгæ стъалы ис, куынæ æндæр исты ахæм... Кæд ма хæдгуыргæ ты- мыгъ, гъе, дзæгъæлдзу кометæ... ис гæнæп... Æниу, цæуылты хъуыды кæнын: «Икартæы» ахæмтæ — арсы хъуыпы — мæлдзыг! — йæ уæлцъар нейтрали- затортæй æмæхгæд у...» Ирхæфсæп хатæпы, инжепер Магома, профессор Кассий æмæ йæ фырт Аланы баййæфта. Бæрæг уыд, цæуылдæр-та кæй быцæу кодтой. — Кæм дæ, лæппу, абонсарæй куынæ зыныс? — æрфыгæлхынцъæй йæм бакаст. 12. Тсдеты Р. 177
— Дæ зæрде кæм хъуамæ уа. Уæртæ та кæсæн- доны чингуытæ фæлдæхта! — бæзæрхыгтæ, саулагъз Магома, мидбылхудгæ, сæ цурмæ æрбацыд. — Ца- лынмæ, дам, нæ фыдыбæстæм ныххæццæ уæм, уæд- мæ, дам, ын йæ хъайтарон истори хъуамæ мæ фондз æнгуылдзау сахуыр кæнон!.. — Æмæ уæд цы? Алчидæр нæ йæ адæмы ив- гъуыд, хæсджын у, æмæ зона. Уæдæ, æдзух мате- матикон рардтыл сбукъ у, æндæр дзы ницы хъæ- уы!..—тæргайгъуызæй иллюминаторы фарсмæ слæу- уыд лæппу. — Зоныс, цы у йæ мæты сæр, командор?.. — йæ бæзджын урсæмхæццæ сæрыхил, армытъæпæнæй фасæгау акодта Кассий. — Нæ дуджы, дам, хъай- тардзинадæн нал ис бынат. Адæймаг, дам, æрдзæн схицау æмæ æвæлмасæй цæры. Цыфæнды ныхдур- тæ дæр, дам, техникæйы фæрæзтæй ахицæн кæны. Уæдæ, дам, æхсæнад <дæр ссис иугуырон: нал дзы ис классон ныхмæдзыдтæ æмæ ма иу лæгау-лæг йæ хъару дæр кæм равдиса!.. — Æмæ мæнг зæгъын? — йæхи йæм фæгæмæл кодта Алан, — Спартак æмæ Павкæ Корчагинты дуг, нæрæмон гуыппырсарты дуг аивгъуыдта. Ра- лæууыд ног, космикон эрæ æмæ адæймаг, сæтæлæ- гау, техникæйы хъузджы балæст. Уæлдайдæр та 200 азы размæ, доктор Штарк роботты «сæрты» плазмæйон сæрымагъз куы нывæрдта æмæ, уæды- йонг æнæфердæхт æфсæнлæгтæ лæджы æмзонд, æм- хъару куы систы, уæд! Адæймаг сын йæ куысты зындæр хай бауаргъ кодта æмæ йæхæдæг æрттæ- дæлармæй сбадт, йæ уд æвæрын базыдта!.. — Багъæц-ма, лæппу, гæркъæраг цы фестад- тæ! — нал æм фæлæууыд фыд. — Æмæ ды техникон прогрессы ныхмæ дæ? — Ныхмæ цæмæн... — фæсыкк уый, — фæлæ æп- пæт хъуыддæгтæ дæр роботты ’вджид бакæи, иу 178
лæджы цæст фæдарын кæм хъæуы, хатт, уырдæм дæр —мацы йыл æрцæуайы дудгæбонæй, — 10—15 роботы ’рвит, бирæ хатт комкоммæ мæлæты хъæ- лæсмæ, — уый дæр.цас лæгдзинад у, зæгъ-ма? — Бамбар, боныфæстагмæ, — мæсты кæнын рай- дыдта фыд. — Лæджы цард зынаргъдæр кæй у 10— 15 æмæ æрдзæ роботы цардæй дæр!.. Хъайтардзи- нады тыххæй дзырдтай, — комкоммæ йын ныккаст йе ’рвгъуыз, хивæнд цæстытæм. — Æмæ цы хоныс ды хъайтардзинад?.. Ау, æнæмæнг æрттигъ дже- богъ æмæ фæрсæссад хъамаимæ хъуамæ цагъар- ты разæй алæбурай? Цъус ис нæ дуджы ахæм хъуыддæгтæ, адæпмаг йæ хъару, йæ лæджыгъæд кæм равдиса!? — О, куыннæ, плантæ, процеиттæ... — йæ ны- хас æрбаппæрста Алан. — Æмæ ды фæллойадоп хъайтардзинад нииæ- уыл нымайыс?.. — йæ хъоппæг цæстытæ ферттыв- той Магомайæн. — Хорз, æндæр дæнцæгтæ дæр дын æрхæсдзынæи: капитан Слайперы ном фе- хъуыстанс. Плапетæ «Сагæй» «Зеты» стъалымæ тæхгæйæ, йæ нау æмбисвæндагыл ссыгъд. Кæй зæгъып æй хъæуы, ,<фæтыхст лæппу: чи-фæнды дæр фæтыхстаид уый бынаты: алфæмблай тыгъд кос- мос, бастдзинад хæлд, — æххуысмæ дæм ничи фæ- зындзæн. Стæй дæр, ахæм дардвæндагыл фыц- цаг хатт тахтис æвзонг капитан. Фæлæ уæддæр йæ уд æфснайыныл пе ссис. Йæ бæлццæтты иу- уылдæр фервæзып кодта, йæхæдæг та... йæхæдæг та цæрдудæй басыгъд стъалытæх «Астрайы»... Науæд де ’мтуг, де ’мзæххон Тобайты Булаты сис. — Магома ныр дзырдта сабыр, æндыгъд хъæлæсæй, йæ- хиимæ дзурæгау, — йæ хъæбатырдзинад Дун-ду- нейыл ныхъхъæр. Æппæты фыццаг мах ньптах- тыстæм уыцы æлгъыстаг «Ферросмæ»: æз, ^про- фессор Словен æмæ Туманов Сашае...1 Б6л&т( ’д&л- 179
гомфæлдæхтæй хуыссыд радиацийæ уырыд зæх- хыл æмæ йæ сæрмæ та, Данкойы зæрдæйау, тæ- мæнтæ калдта микромаяк... Мæлдзой æнгуылдзтæ афтæ тыхджын нындæгъдысты маячы хъæдыл æмæ ма йын æй тыхæй скъахтам йæ къухæй... Уыдонæй та ма цы зæгъдзынæ, Алан?.. Дæ ан- тикон хъайтартæй кæмæй дæлдæр уыдысты?.. — Уыдонæй ницы. Æцæг хъæбатыртæ уыдыс- ты æмæ сæ ном æнус-æнусты цæрдзæн пе ’хсæн, фæлæ... фæлæ сæ хъæбатырдзинад æнæпхъæлæджы æнамонд цауты фæстиуæгæн рабæрæг. Æз та ууыл дзурын, цæмæй алы адæймагæн дæр фадат уа йæ лæджыгъæд равдисынæн, йæ удыхъæды потенциалоп гæнæнтæ се ’ппæт куыд раргом уой, — нæ фæчъил лæппу. — Гъе, хъайтардзинад глобалон масштабæй! — сыстад æмæ сæ цурмæ бацыд профессор дæр. — Уый тыххæй хъæуы сæрмагонд уавæртæ... — Ай-ай дæр, уавæртæ!.. — фæцырд Алан. — Фæлæуу-ма, лæппу!.. — йæ уæхсчытыл ып фæхæцыд æмæ йæ йæхирдæм фæзылдта коман- дрр. — Æз дæ æмбаргæйыл нымадтон æмæ ды нырма дæ сабизондыл куы дæ!.. Цавæр сæрма- гонд уавæртæ домыс? Хæст? Стихийоп æиамонд- дзинæдтæ? Æви ма ноджы æндæр исты бæллæх!? — Æз афтæ нæ зæгъын, фæлæ... — фæныхкъуырд лæппу. — Мæн фæнды а-царды цы-фæнды стыр ныхдуртыл дæр, риу-æмриу æмбæлын кæддæрид- дæр æмæ сæ басæттын лæгдыхæй, хæдхъаруйæ, нæ разагъды фыдæлтау—къæйных, æлхынцъæр- фыгæй бакаст йæ фыды æндыгъд цæсгоммæ. — Е, лæппыз, кæд кæимæты абарстай дæхи!..— йæ равг ын фембæрста профессор æмæ йын мæс- тæймарæн кæны. — Уыдон хъуынджынриу лæп- путæ уыдысты, хъуынджынриу, дæхи хуызæн хъуымызбылтæ сæ ма ’нхъæл! Ныры фæсивæд, $9
дзæнгæда цæгъдын йеттæмæ ницæмæн стут... — лæппуйы къухæй чиныг райста, — «Овод», гъм, къахдзæфтæ уæ хъæуы уый хуызæттæм!.. — Сæрбахъуыды сахат, цыма ме ’мдугоптæ дæр сæхи нæ бамбæхсдзысты!.. — Кассийы къу- хæй чиныг скъуынæгау ракодта æмæ иуварс алæууыд Алан. «Цыма йæм цыдæр мæ тугæй ис!..» — цæмæн- дæр дзы байрад йæ зæрдæ Дзамболатæп. — Комапдор!.. Æмбал командор!.. — къæсæ- рыл удаистæй æрбалæууыд Лейк. — Цы хабар у? — фæзылд æм Дзамболат. — Беллонæ... кометæ Беллонæ Одрионы æп- дæвдадæй феуæгъд æмæ комкоммæ махырдæм ра- цæуы!.. — Уый гæиæн нæй, пилот Лейк! Æвæццæгæн рæдийут!.. — Нæ, комапдор, пæ рæдийæм! Æппæт прн- бортæ дæр æй афтæ æвдисыиц!.. «Уый дын бæллæх, гъе! Уæддæр атыдта йæ рохтæ Одрионы æмбæлццоп æмæ, ныр, тæвдкал- гæ рафсæры космикон тыгъдады: додой йæ къо- па, чи фæуа йæ развæдыл, кæмæ баххæсса йæ мæ- лæтхæсс тынуылæн!..» — Лейкы разæй фæцæуæг иаутæрæнырдæм. — Цахæм у радиацийы æмвæзад? — Ныр 100 минибаллы иу квадратоп кило- метрæн, фæлæ иттæг тагъд бæрзонддæр кæны. — Тыхсгæ ма кæи, «Икартæн» ахæмтæ пицы сты! — баппæрста йæм йæ уæхсчы сæрты. «Быи- бауай, уастæи, тæппуд лæг... йæ цæсгомы хуызы ’ртау нал ис...» — Нæхи мæт нæ кæнын æз дæр, фæлæ уыцы æлгъыстаг, цыма Анторгмæ дары йæ фæндаг...— бахъынцъым кодта Лейк. — Планетæ Анторгмæ!? — фестъæлфыд коман- 181
дор. — Уый гæнæн нæй, Лейк!.. Уый гæнæн нæй!.. — дзургæ кодта, фæлæ зæрдæйæ æмбæрста, цæй- бæрц тас у космикон катастрофæйæ. «Æввæхсты Анторджы йеттæмæ пицы пла- нетæ ис, — æндæр кæдæм скæндзæн йæ фæндаг, уæдæ?.. Химæлвасынады æппæт канонтæ дæр ууыл дзурæг сты!..» — Аланимæ се ’рдæбоны быцæу йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ ныккæрзыдта лæг. — Уый та дын стихиои æнамонддзинад, гъе!.. Сæфдзысты Анторджы адæм!.. Наутæрæн блок сыл эфиры цъæхахст æмæ богъ- богъимæ сæмбæлд: — Дзуры Днторг!.. Дзуры Анторг!.. Баххуыс ныи кæпут!.. Баххуыс нын кæиут!.. Кометæ Белло- нæ Одрионæй раскъуыд æмæ махырдæм æрбаф- сæры!.. Баххуыс нын кæнут!.. — Æз «Икар» дæн! Æз «Икар» дæн!.. — дыууæ къухæй микрофопмæ фæлæбурдта Дзамболат. — Дзуры уæзтæласæн стъалытæхты командор Фидары фырт. Мæ эскадрилы нс 16 науы митаны згъæрæй йедзаг баржæтимæ, Сатурны æрзæткъахæнтæй тæ- хæм планетæ Зæхмæ! Цæмæй дыи баххуыс кæнон?! Æз — «Икар»!.. Æз — «Икар»!.. Цæмæннæ кусынц уæ антигравитатортæ!? Дипамикæй исдуг пицыуал райхъуыст, стæй кæйдæр ныфсæпвиц хъæлæс: — Дзуры Анторджы Сæйраг Астропомикоп цептр!.. Ахæм хъомысджын антигравитатортæ нæм нæма ис. Ноджы Беллопæ дыууæ дзæгъæлхæтаг кометæ æрбандæгъта йæхиуыл, æмæ ма ныртæккæ Антор- гæй у æрмæстдæр 15 хатты къаддæр!.. Хъус-ма, командор, цас ис митаны згъæр дæ баржæты! — Алы баржæйы дæр 2,5 милуап тоннæйы, æдæп- пæт 40 милуан тоннæ митапы згъæр... — Æд нау, æд баржæтæ та цас уыдзыстут?.. 182
— 48 милуан тоннæмæ ввахс, — цъусдуджы фæстæ сдзуапп кодта командор. — Хорз. Уæ цыд фæсындæгдæр кæнут, мах уал сæ банымайæм... Зæгъын, Беллонæйы балцвæнда- гыл магнитон полюс куы скæниккат уæхицæй. Чи- зоны æмæ нын иумæ баитыса уый йæ фæидагæй фæиппæрд кæнын... — Нæй, командор!.. — чысыл фæстæдæр дина- микæй райхъуыст йæ хъæлæс, — æгæр цъус разын- дысты пæ тыхтæ: чъил дæр ныи нæ фæуыдзæн Бел- лонæ йæ мæлæтхæсс фæндагæй... Гæнæн цы уыд, уыдон се ’ппæт дæр бакодтам. Сабиты æппæт тран- спортон фæрæзтыл арвыстам тыгъд космосмæ... Æндæр нæ бон ницы ссис... Хæрзбон... Хæрзбон!.. — æнахуыр тыхджын къæс-къæс æмæ къуыззитты бын фæцис Анторгаджы хъæлæс. —Анторг!.. Анторг!..—Æз «Икар» дæн, «Икар»!.. — йæ хъæлæсыдзаг хъæр кодта Дзамболат, фæ- лæ уырдыгæй ницыуал райхъуыст, æвæццæгæн, Бел- лонæйы радиацийы разуылæп фехæлдта бастдзи- над. — Беллонæйы тагъдад фæфылдæр, командор, — пульты сæрмæ тымбыл экранмæ ацамыдта Лейк. — Цас у, ныртæккæ? — 2,2—2,5 милуан километр сахаты. — Махмæ ма йæ цас хъæуы, Лейк? — 1,2—1,3 милуаи километры, комаидор. Кæ- рæдзимæ æввахс кæнæм расткъуымоны фисыпмæ... Беллонæ æмæ Анторджы ’хсæн ма баззад 1,8—1,9 милуан километры... Перископ-экраны тар уæлцъарыл, йæ фæстæ пил- лонвæд уадзгæ, тахт кометæ Беллонæ. Ардæм уый зынд къаннæг, сырхзынг портийы хуызæн, кæцы, хаугæ дурау, гæрста космикон тыгъдад æмæ уыс- мæн æввахсдæр кодта. — Ау, уыцы чысыл афтæ тæссаг у? — бадис код- 183
та Алан. Хатгæ дæр сæ ничи фæкодта, Магома, профессор Кассий æмæ Алаи наутæрæнмæ куыд æрбахызтысты. Ницы сæм сдзырдта Дзамболат, ницы дæр ин- нæтæ: ныртæккæ уыдоныл нæ уыдысты. Лейк экра- ны фарсыл цыдæр тымбылæг æрзылдта æмæ ко- метæ бæрæг феввахсдæр. Ныр уый зынд дæргъивæзт цурчы хуызæн. Беллонæ цæджджинагау æхсыст, йæ- химид згъæривылæн кодта. Хатт-иу дзы гигантон чъылбызтæ фæхауд фæйнæрдæм æмæ иу сæ бын- æттæй хурхуыз згъæр-æхсæрдзæнтæ ныссæх-сæх кодтой. Диссаджы рæсугъд, æмæ уый æмрæстæджы, æбуалгъы фенддаг уыд кометæ уыцы сахат. Се ’ппæт дæр æм æргъуыйауæй нымдзаст сты. — Командор!.. Зæхх!.. — æваст фесхъиудта йæ быпатæй Танг, — Зæхх, командор!.. Йæ уæлвæд, эфиры дзолгъо-молгъо æмæ хъæ- рахстимæ райхъуыст нæлгоймаджы æндыгъд хъæ- лæс: — Дзуры планетæ Зæхх!.. Дзуры планетæ Зæхх! Планетæ Анторгмæ æввахсуæвæг, æппæт стъалытах- тæ æмæ космикон науты экипажтæп!.. Апторгыл цæудзæп æвирхъау фыдбылыз: кометæ Беллонæ Одрионы æндæвдадæй раскъуыд æмæ сахаты фæс- тæ сæмбæлдзæн Анторгыл!.. Аивут цы-фæнды рейс- тæ дæр æмæ баххуыс кæнут Анторгæгты тыгъд кос- мосмæ аирвæзын кæнынæн!.. Дзуры Зæхх!.. Дзу- ры Зæхх!.. — Уæд та ма афæлвариккам, Лейк?.. — Нæй, командор, ницы дзы рауайдзæн, — фем- бæрста йын йæ хъуыды пилот, — стæхып пал æрæй- йафдзыстæм... Æнæуый дæр нæ стъалытахы тагъ- дад фæфылдæр кæныи хъæуы: 20—22 мииуты фæс- тæ, Беллонæ ахиздзæн нæ балцвæды траекторийыл æмæ уæдмæ хъуамæ аивгъуыйæм йæ фæндагæй... «15 минуты фæстæ уыдзыстæм Анторджы сæр- 184
мæ... Куынæ фæтагъд кæнæм, уæд пæ гæнæн ис æмæ Беллонæ йæхимæ æрбалваса...» — анымадта йæхимид Дзамболат. — Фæтагъд хъæуы, командор. Беллонæйы æр- хъистæй искæцы баржæйыл куы сæмбæла, уæд... Митан урапæй 36 хатты рæмудзагдæр згъæр у... — Фæлæуут!.. æз зонын иу фæрæз!.. — хæстæг- дæр æрбалæууыд Алап. — Цавæр фæрæз?.. — тызмæгдзастæй бакаст йæ фыртмæ Дзамболат. — Лнторджы фервæзын кæнынæн иунæг фæрæз!— йæ разы схъæл алæууыд йæ фырт. — Лейк, ма ’рныллæг кæн «Икары» тагъдад!.. Командор,-æппæт стъалытахтæй уыцы иу æмцæф ныккæнæм Белло- нæйы, хъæлтæ куыд фæхауа фæйнæрдæм!.. — Уый... уый цы ныхъхъуыды кодтай, лæппу?! Аланы ныхæстæм се ’ппæт дæр фергъуыйау сты. Профессор туджджыны цæстæй бакаст лæппумæ æмæ йæ фындзы бын цыдæртæ багуым-гуым код- та. — Æндæр мадзал нæй, комаидор!.. Сæдæ лæ- джы мæлæт пицы у, сæдæ милуан адæймаджы цар- дыл куы цæуа дзырд, уæд!.. Цурчытау хъуамæ ныс- сæдзæм Беллонæйы буары æмæ йæ ныффæскъау- тæ кæпæм!.. «Æз дæ нырма сывæллон куы ’нхъæлдтон æмæ ды хæд-зонд, хæд-хъару лæг куы разындтæ!.. Дæ мадæн та ма цы зæгъон, дæ мадæн, мæ хъæбул?..» — ныккæрзыдта фыды зæрдæ. — Мах... мах ницы хъуыддаг ис Анторджы адæмыхатмæ... Мах нæ фæндагыл цæуæм... Æз... æз... ныр цыппар азы ме ’фсин æмæ мæ дыууæ фаз- зоиы уындмæ мæ былыцъæрттæ ’хсынып... — æпæп- хъæлæджы схæкъуырцц кодта Кассий. Кæсгæ дæр æм пичи фæкодта, цыма йæ хъус- гæ дæр нæ фæкодтой. 185-
— Раст зæгъы Алан. Нæ бынаты чи-фæндыдæр афтæ бакæпит, — Магомайы саулагъз цæсгом бын- тон ныттар, ныммæстæг, йæ дзæмбы-æрмттæ дзæк- корыйæстæй æрбатымбыл сты. — Зынаргъ у цард. Тынг зынаргъ æмæ адджын, фæлæ æгады цардæй- мæлæт хуыздæр!.. — Цы-фæндыйæ дæр хъуамæ фервæзын кæнæм Апторджы æвзонг цивилизаци. Боныфæстагмæ, уым дæр не ’мзонд, ые ’мхъуыды удгоймæгтæ цæ- ры æмæ нын худинаг у уыдон сæ хъысмæты ’вджид ныууадзын!.. — бафидар кодта Лейк дæр. — Мах цæттæ стæм дæ бардзырд сæххæсткæ- нынмæ, командор!.. — йæ фырт, йæ иунæг фырт, уæнгтæлвæстæй лæууыд йæ разы æмæдзы карзæй домдта, цæмæй йе суинаг хъæбулы, эскадрилийы æппæт экипажты цард Анторджы фидæны сæрвæл- тау нывондæп æрхастаид. Цыма фыццаг хатт уыны йæ фырты, ахæм цæс- тæй йæм бакаст Фидары фырт: лæппуйы зулмæ- фаст бецыкк галиу æрфыгыл æрпыхцыл, мыдгъуыз, хъоппæг цæстытæ сæруæлдайдзинады артæй сыгъ- дысты... Гæзæмæ къæсхуыр цæсгом... таппуз был- тæ... йæ мадау, угард роцъо...» — Сымах та цы зæгъдзыстут? — экраныл бан- дзыгуæвæг стъалытæхты рæнхъыл йæ цæст ахаста командор. — Мах дæр разы стæм уæ фæндыл, командор. Æпдæр фадат нын нæй... Сæ иувæрсты куы ахи- зæм — цы цæсгомæй ма ыыццæудзыстæм нæ фы- ■фæлты зæхмæ? Цы хуызы ма равдисдзыстæм нæхи адæмæн? Æгады ном ныл сбаддзæн, къуыппæн за- рæг ныл скæндзысты... — се ’ппæты бæсты сдзу- •апп кодта командоры хæдивæг Середа Иван. Йæ уæлвæд иннæ стъалытæхты сæрмæ æрв- тъуыз фæздæджы тымбылтæ фæзынд: — Эскадри- 186
лийы экипажтæ се ’ппæт дæр цæттæ уыдысты бар- дзырд сæххæст кæнынмæ. — Эскадрили, хъус уæдæ мæ бардзырдмæ!..— ныййарæгон æнкъарæнтыл фæтых Анторджы хъыс- мæты раз бæрндзинад æмæ фæфидар йæ зæрдæ ко- мандорæн. — Кæронмæ æрныллæг кæнут уæ науты тагъдад. Эскадрилийы командоры хæдивæг Сере- да Иван, Нымайæн Центры Сæйраг инженер Джон Смайл, Хисдæр пилот Лейк, æппæтфарсонæй ба- хынцут кометæйы хиæдтæ, сбæрæг ын кæиут йе сконд, йæ лæмæгъдæр бынæттæ,... — иыртæккæ уый уыд æрмæстдæр эскадрилийы хицау, кæцы йæ ра- зы æрæвæрдта иунæг нысан: — цы-фæндыйæ дæр скуынæг кæна æвирхъау кометæ Беллонæйы... — Æппæт планетæтæ, космосы уæвæг стъалы- тæхтæ æмæ иаутæ!.. Байхъусут! Байхъусут!.. — чьт- сыл фæстæдæр космикон тыгъдады айзæлыд йе ’идыгъд хъæлæс. — Абон 12 майы 2662 азы, 6 са- хат æмæ 3 минутыл зæххон рæстæгмæ гæсгæ, мах, — стъалытæх «Икарты» эскадрили Сатурны æрзæт- къахæнтæй тахтыстæм планетæ Зæхмæ æмæ æмбис- вæндагыл. фехъуыстам æвирхъау хабар: кометæ Беллонæ Одрионы æндæвдадæй раскъуыд æмæ йæ ных Анторгмæ скодта. Фæлæ мах, Зæххы фырттæ, риу-æмриу æрлæууыдыстæм йæ разы æмæ йæ фæ- нык фестын кодтам!.. — комапдор уарзта рæсугъд ныхас зæгъын, — мæнæ уын, гъе, йæ цард Антор- джы тыххæй чи суæлдай кодта уыцы хъæбатырты номхыгъд: эскадрилийы комапдоры сЬыциаг хæди- вæг Середа Иван, нымайæн Центры Сæйраг ипже- нер Джоп Смайл, хнсдæр пилот Ленк... * # * 12 минуты фæстæ Анторджы Сæйраг обсервато- рийы кусджытæ ,федтой ахæм ныв: 187
...Кометæ Беллопæ, судзгæ æхсидавау, пиллон- калгæйæ тахт дæлæмæ... Æваст ын рахисæрдыгæй (нырмæ сæ хатгæ дæр ничи фæкодта,) 16 æвзист тæппы йæ фæндаг æрбаргæвстой. Уыдон уыдысты «Икартæ»... Кæрæдзи сæрмæ хъен æвæрд сæрва- сæны, дæндæгтау, слæууыдысты æмæ æмраст, æм- вæтæнæй рафсæрстой кометæйырдæм... ...Беллонæ, залиаг калмау, йæ гуыр иыйиваз- гæйæ, æнæрхъæцæй тахт йæ амæттагмæ... Афтæ зынд, цыма йæ ницыуал тых, ницавæр хъомыс фæ- иртасдзæн йæ мæлæтхæсс фæндагæй... ...16 æвзист тæппы æхсæрдæс хæлæн нæмыгау бафардæг сты æваст Беллопæйы цæхæркал буары. Уый, цыма исдуг андзыг йæ мидуаты, стæй уæл- хъомысджын æвирхъау срæмыгъдæй фæйнæрдæм хъæлтæ фæхаудта. ...Ам, экрантыл уый разынд рæсугъд фейервер- чы хуызæн... Арешперан — Цхинвал ФЫНФÆЛИВÆНТÆ (Фантастикон радзырд) Цавæрдæр æнахуыр хатæны бадтæн хæрзиунæ- гæй. Æвæццæгæн, 5—6 метры бæрзондыл уыдаин зæххæй, фæлæ мæ бадæн бæстыхайы кæцыйæмдæр уæладзыг уыд, æви уæлдæфы хæдауыгъдæй лæууыд, 188
уымæн ницы зыдтон. Стæй, цыма йæ базоныныл дæр мæнæ-мæнæ нæ тыхстæн. Мæ уат, — растдæр зæгъгæйæ-та мын уый кос- микон науы тæрæн блок, гъе-та алхимичы кусæн- уат мысын кодта, — йедзаг уыд алыгъуызон при- бортæ æмæ ифтонггæрзтæй. Игæргъуыз панелтæй æмæхгæд къултыл — æнæнымæц кпопкæтæ, цавæр- дæр цæлхыгтæ, къæпсыргæндтæ... Мæ разы, рæмпæгхæрд сау цæджындзыл фи- даргонд уыд зæронд, цъæррæмыхст айдæн. Уый, уд- дзыдау, дыдзызмæлд кодта йæ мидуаты. Уадид фембæрстон хуымæтæджы айдæн кæй нæ у: йæ рæ- дывст, тар уæлцъарыл, къæлæсытæгæнгæ, æрвыл- уысм кæрæдзи ивтой æнахуыр гоймæгтæ, цавæр- дæр хъуырттхъоймæгтæ. Нæ, бакастæй цыма адæй- маджы æигас уыдысты, фæлæ зæрдæаивæй хатыд- тон æз, уый сын кæлæны айдæн кæй хуызивæн кæ- ны, æцæгæй-та бынтон æндæр, уæлиоп удгоймæгтæ кæй сты... Бадтæн æз сау цæджындзы раз æмæ æргъуы- йауæй кастæн кæлæны айдæны диссæгтæм... Уым та иуафон цавæрдæр лæджы сих фæзыпд. Ие ’ууæлтæ .бæлвырдæй-бæлвырддæр кодтой æмæ æппынфæстаг сурæт бынтон ирдæй разынд. Уый уыд бурхил, къæсхуырдзæсгом пæлгоймаг. Гуыбыр, тæнæг фындзы бын бур рихиты æрткъуым фæтъæ- пæн, бурбын, хуызивд цæстытæ, суанг æфсæры къæ- дзтæм æрдаргъуæвæг тæпхъуып бакенбардтæ цы- дæр сырдон æнгас лæвæрдтой лæгæп. — Хъусын дæм. Зæгъ дæ фæндиаг. — Цавæр фæндиаг?.. — фæдисау дæн æз. — Цæвар-фæнды. — Æмæ... æмæ ды чи дæ?.. — Æз, — йæ амонæн æнгуылдз йæ риуысæрмæ фæцарæзта уый, — хъусдарæг планетæ Сатапейæ. Зæгъ дæ фæндиаг æмæ дын æй сæххæст кæнон!..— 189
хъæрдæрæй сдзырдта уый. Æниу, цæй сдзырдта, Бурлæг — афтæ йæ схуыдтон мæ мид-нымæры, — дзургæ бынтондæр нæ кодта. Иæ тæнæг былтæ иу- нæг змæлд дæр нæ фæкодтой сныхасы алфæп, фæ- лæ йæ хъуыдытæ цыдæргъуызонæй мæ сæрымагъзы сæ нысанвæд уагътой æмæ сæ афтæмæй æмбæр- стон... — Гъм, уæддæр цавæр фæндиаг?.. — æрчъицыд- тон æрæджиау. — Цы-фæнды фæндиаг дæр. Ардæм, Сатане- йы хъусдарæнмæ чи-фæнды ма ’рбафта, йæ иу фæн- диаг ын æххæст кæнæм. Дæуæн дæ амопд æрзылд— ахæм хабар мингай азты иунæг хатт вæййы...— мыхуырфыстæй та аззад мæ сæрымагъзы. Ныр æппæт дæр бамбæрстон. Æз, æвæццæгæн, бахаудтæн, мæнæ айразмæ профессор Вилли йæ зонадон уацы цы сусæг хъусдарæн блокты кой код- та, уыдопæй искæцыйы. Кæддæр, дам, сæ æпдæр планетонтæ ныууагътой зæххыл нæ цардмæ хъус- дарыпæн... Гъм, кæд афтæ у, уæд, табуафси, — курын — мæ быгъдуан!.. — Мæн фæнды, — загътон фидарæй, — цæмæй дунейыл макуыуал уа хæст. Дзыллæтæ се ’ппæт дæр цæрой сæрибар æмæ хæдбарæй, æфсымæртау, кæ- рæдзи уарзгæйæ. Цæмæй адæймаг хызт уа рын æмæ сонæй. Цæмæй... — Тобæ, тобæ!.. Багъæц-ма, зæххон лæг!..— йæ къухтæ мыл сцагъта æцæгæлон. — Уыдон <тп- пæтдзыллæйон проблемæтæ сты æмæ иу лæджы фæидиаджы нæ цæуынц, де скъуыддзаггæнгæ не сты!.. Махæн нæй зæххон адæмы цардмæ фæныхи- лæн: уæд адæймагад йæ историон фæндагæй фæир- тæсдзæн, фесæфдзæн йæ хæдбар, йæ хæдхуыздзи- нкд... Ау, фантастикон романтæ дæр никуы кастæ?.. Ракур хæрзамонд дæхицæн. Иу адæймаджы хъыс- 190
мæтивд пицабæрæг бандавдзæн æппæт адæймага- ды хъысмæтыл. Иу зæххоны самондджын кæнын у мæ бон. Уыцы бартæ мæм ис лæвæрд... Æз кастæн фантастикон чингуытæ. Æгæр бпрæ дæр ма кастæн æмæ æмбæрстон цы зæгьынмæ хъа- вьтд Бурлæг уый... — Хорз, — сразы дæн æрæджиау. — Кæд æн- дæр гæнæн нæй, уæд мын мæ чысыл фыртæп радт хæрзамæндты сæр æмæ æнусон цард. Куыд никуы аскъуыйа йæ царды таг, тъымы-тъыматæм цы ах- хæсса йæ билцъ, йæ туджы ’ртау!..—цæстызулæй ба- кастæн Бурлæгырдæм: сатанейаг æнцад хъуыста мæ иыхасмæ; нæма æппæт дæр уыд нывыл, æмæ уæд ныфсджындæрæй адарддæр кодтои. — Уадз, фондз фæлтæры æрæййафæт йæ зæйцæй, æндæр æмæ йын æндæр хæдбар адæмтæй цы скæной цард- æмбæлттæ,.сæрибар зæххон дунейы, кæрæдзи уарз- гæйæ цы цæрой иннæ æфсымæрон адæмтимæ... — Багъæц, зæххон лæг! Багъæц!.. — йæ къух- фæхъил кодта æддагбæстон. — Дæ иуиæджы хъыс- мæт дунейы адæмты хъысмæтимæ афтæ æпгом сбастай æмæ уый хæрзамонд, æвæстиатæй расай- дзæн æппæт дзыллæты амонд дæр. Уымæ гæсгæ йын нæй уыцы хуызы æххæстгæнæн. Ракур мæ æр- мæст иунæг дæ фырты цардамонд æмæ дып æй сæххæст кæнон!.. — Ау, уый та куыд?.. — рамæсты йæм дæн æз. — Цæмæц мæ бахъуыд ахæм хæрзамонд, мæ хицон, ме ’мгæртты, æппæт нæ адæмы хъулонæй мып лæ- вæрд чи æрцæуа?! Бахудт Бурлæг мæ ныхæстæм. Былысчъилæй бахудт æмæ загъта: — Незамантæй фæстæмæ адæймаг фæллой, мул- чы сæрыл тох кæны. Уыдон сты хæрзамонды бып- дур, йæ аразджытæ. Бирæ туг-иу ныккалд сæ сæ- раппонд, ’бирæ тых-иу бахардз се ссарынæн æмæ 191
дæумæ та бынтон æвæлмонæй æфтынц, зæгъ дæ фæндиаг æрмæстдæр... — Нæ, — загътон фидар æмæ уæндонæй, — мах- æз æмæ мæ фырт сæрибар æфсымæрон бæстæйы цæрæм æмæ нæ адæмы уæлдай мисхал дæр ницы хъæуы, уымæн æмæ нæ абоны цард, нæ сомы хъыс- мæт нæ дзыллæйы иумæйаг хъысмæтимæ æнæас- къуыйгæ тæгтæй баст у!.. — загътон æмæ мæ бына- тæй сыстадтæн. — Хъус-ма, зæххон, — къæсæргæрон мæ фæурæд- та йе ’ндыгъд хъæлæс. — Уæ фидæны хабæрттæ уын дзурон, уыцы бартæ мып нæй, фæлæ ацы хъуыды- мæ мæхи зондæй æрцыдтæн, æмæ дын æй æргом кæнын: кæд æмæ уæ бæстæйы адæмтæн се ’мбис дæр дæу хуызæн хъуыды кæны, уæд тъымы-тъыматæм пикуы аскъуыйдзæн уæ царды таг, æнус-æнус цæр- дзæн уæ мыккаг зæххон дунейыл!.. * * * Уалдзыгон хъæрмуст райсом уыд. Хуры хæрд- гæ тынтæ уæрæх фæрссагæй хатæнмæ ивылдысты, мæ фарсмæ авдæнхъæдыл ауыгъд пластмасс гæ- лæбуйы базыртыл тыбар-тыбур кодтой. Саби æр- дæгфынæй уыд: йæ даргъхау тъыфалты зыхъырæй мæм йæ чысыл цæстытæ гæзæмæ æрттывтой. Сайæн фæдæг йæ дзыхы, — йæ мид-фынмæ йæ хатт зы- дæй сцъæм-цъæм кæны. — Райхъал дæ, цы, Инал?.. — сынтæджы рабадт æмæ йе ’хсæвхæдоны æгънæджытæ æфтауы Зæли- нæ. — Цæй Бурлæджы кæйттæ кæныс, цæ, уæдæй- сарæй? Æз дын ахæмы куы никæй зонын?.. — фæр- щ мæ цымыдисæй. — Уый хъусдарæг у планетæ Сатанейæ,— ме ’муд нæма рцыдтæн æз. 192
— Кæцæй? Кæцæй зæгъыс?.. — йæ цæстытæ фыр- дисæй рацæйлиуырдтой усæн. — Дæ зонд фæцыд, æви?.. — мæ тæрпых мын аивæй асгæрста. Æз мæ мидбылты бахудтæн. Бамбæрстон, мæ фыпы хабæрттæ уа-цæгмæ дæр кæй рахастон æмæ Зæлинæйæн дæр уыдои тæфагæй кæй лæвæрдтон дзуапп. Мæ нывæрзæнæй профессор Виллийы чиныг «Уазджытæ космосæй» æрхауд — дысон дзы сын- тæгмæ кастæн, — æмæ та сатанейаг хъусдарæг Бур- лæджы ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты; «Кæд уæ адæмы æмбис дæр дæу хуызæн хъуыды кæнынц, уæд уын нæ уыдзæн бастъæлæн æмæ сих- сийæи тъымы-тъыматæм!..» Хуры фæлмæн тынтæ фынæй сабийы цæстытыл сныдзæвдысты æмæ саби фехъал, йе ’рвгъуыз цæс- тытæ байгом кодта æмæ йæ мидбылты бахудт. «Бæгуыдæр, нæ адæмы æмбис нæ, фæлæ нæ бæс- тæйы адæмтæ се ’ппæт дæр, иу стæмтæй дарддæр, ахæм зондыл лæуд сты: кæрæдзийы хъулонæй пæ мисхал дæр ницы хъæуы. Мах, æфсымæртау, иу би- нонтæ стæм, иу у нæ абоны цард, нæ сомбопы хъыс- мæт!..» Хуры зæлдаг тынтæ мæ фырты хæмпус уадул- тыл тæлфыдысты, тыбар-тыбур кодтой йæ раззаг дыууæ урс дæндагыл... Ай-ай дæр, никуы бахуыскъ уыдзæн нæ иарды уидаг, тъымы-тъыматæм аххæсдзæн нæ мыггаг!.. Арешперан 13. Тедеты Р.
УАРЗТЫ ДЗЫМАНДЫТÆ... Кæрты иу кæронæй суанг иннæмæ пывæзт ды- вæлтæр егъау фынгтæ тасынц алыгъуызон хæрд- нозтæй. Уырдыгыстæг хъæлдзæг лæппутæ рæдауæй хынцынц æнæнымæц уазджыты. Æфсипиуæггæн- джытæ хъармæй-хъарммæ скъæфынц фынгтæм бур физонджытæ, торнейы фых хъыбылы мæрдтæ, цæрвджын уæливыхтæ... Чысыл фалдæр, зæронд æнгузы бын, фæсивæд хъазт сарæзтой. Фæндыры уæздан мыртæ, долийы гыбар-гыбур, симджыты сæртæг фæхъæртæ изæ- ры сатæджы уылæнтæ кæнынц, æгæрон æхцон- дзинад æфтауыпц зæрдæйыл. Нæрæмон музыкæйы зæлтæм уæнгтæ æнæ- рхъæцæй базмæлынц: къаххæцъæфтæ фетынг вæй- йынц хивастæй, хъандзал цæнгтæ фæйнæрдæм феппарынц сæхи æмæ... гъайда мардзæ! Схъæл- зæпг, милрихи лæппу зæрдæзæгъгæ айвазы йæдом- бай уæнгтæ кафæн тымбыл фæзы, къахфындзтыл уæздап æрсимы йе ’мкафæг сæгуытдзаст чызджы алыварс! ...Абон чындзæхсæв у... фарны хъуыддаг... чын- дзæхсæв... уæдæ!.. Фынджы сæр æвæрд рæсугъдвæлыст дзуар- бæлас не ’мбæхсы чыпдзы удрайд цæсгом. Уый- хыгъд лæппу рæстмæ нæ зыны: бибиджын дзуар æй йæ аууоп бакодта... Гаджидау гаджидауы суры, ракуывд æййафы ракуывды. Уæртæ, гъе, фынджы хисдæр урсхил, урсзачъе зæронд сыстад æмæ, пыр кæцыйæм хатт, лæппу æмæ чызджы хæрзамондæн ракуывта. Уьт- дон уырдыг слæууыдысты. Лæппу сау сгæллад костюмы, æлвæстытæ, хæрзконд. Цыбырæлвыд, кт!>уыбыр рихитæ дзæбæх фидыдтой саулагъз- дзæф, æнæлаз цæсгомыл. Даргъивæзт, хъуынджьш 194
æрфгуыты бынæй æрвгъуыз хъоппæг цæстытæ кæсынц ципæвдылдæй. Ног чындз, урс-урсид, цыллæ фатæйы, æхсинæ- джы хуызæнæй зыны адæммæ. Бынтон ныкъкъæм- дзæстыг, ныфсæрмы, мæгуыр, кувæджы зæрдæбын арфæтæм. Иæ сæр риуыл æрæппæрста, цæстытæ зæххæй нал исы. Зæрæхсиды фæлхъæзæн йæ зæд- æнгас цæсгомыл раивылд æмæ чызджы уадултæ туггъуыз афæлдæхтой. Æрмæст хъусы бынмæ, пы- лыстæггъуыз хъуырыл цы дæргъæццон, сау стъæлф фæтъæпæн, уый нæ аивта йæ хуыз. Æйтты сидт кæропмæ ахæццæ. Лæппу æмæ чызг сæ бынæтты æрбадтысты æмæ та сиахсы цæсгом нал фæзынд дзуар-бæласы аууонæй. Иуафон чызджы цæстытæ æнахуыр æрттывд фæкодтой. Цæмæндæр арф ныуулæфыд æмæ лæп- пуйырдæм æнæрхъæцæй бакъул. Фæлæ уадид фсмбæрста йæ сонт, æнæрхъуыды ми æмæ иуварс фæбадæг. Сылгоймæгтæй пæ аирвæзт ацы хабар, кæцæй- дæрты сæ сусу-бусу, сæ пыррыччытæ райхъуыст. Лæппу дæр сæрыстырæй йæ мидбылты бахудт æмæ чызджы цонгыл йæхирдæм æрбахæцыд... Музыкæ та æнæрыпцойæ зæлыд æмæ зæлыд. Куыд-фæстагмæ даргъæй-даргъдæр кодтой гаджи- даутæ, хъæлдзæгдæр — адæмы хъæлæба, хъæрæй- дæр — фæндыры цагъд, расыг хъæлæстæ... Æппæт дæр уыд, куыд æмбæлы, афтæ: хъæл- дзæг, бæрæгбонгъуыз. Иудзырдæй, чындзæхсæв уыд... æйттмардзæ нæртон чындзæхсæв... * * ’ * Дыууæизæрастæу. Хатæны гæзæмæ фæталынг- дзæф, фæлæ лæппу цырагъ-не ссыгъта: «фынджы фарсмæ ивзыдцъар, ’зæронд диваныл’ тардзæсгомæй 195
бадт. Йæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, цавæрдæр уæз- зау сагъæстæ йæ сæ уæлпыхты кæй систой, цы- дæр стыр маст ын, хъæстæ калмау, кæй æвдæрзы йæ зæрдæ... Лæппуйы рæмбыныкъæдзтæ фынджы тигъмæ ныббыцæу сты, мæллæг æмæ хъуынджын роцъо армытъæпæнты ’хсæн æрныхст æмæ уæхс- чытæ йæ сæрæй фæуæлдæр сты. Уæрæхгом, мыд- гъуыз цæстыты æнæзагъд хъынцъым, æгæрон ка- тайдзинад ныццахст... Тамакойы хъыхъхъаг фæздæг бæзджын фæл- гуыртæй ныббадт хатæны. Сулæфæнтæ дзы нал ис, фæлæ лæппу хатгæ дæр нæ кæны уый. Йæ разы даргъхъуыр авджы — арахъ. Иæ быны ма иучысыл аззад. Лæппу йæ цайцымæн агуывзæйы æркодта иууылдæр. Анызта йæ. Тамако цалдæр хатты зы- дæй сцъырдта æмæ йæ стæй æрдæгдымд бапъи- розтæй йедзаг æртхутæгдоны æрцъист кодта. Сыс- тад. Цудгæ къахдзæфтæй бараст фæрссаджы цур- мæ æмæ рудзгуытæ уæрæх байтыгъта. К/ьæвда йын йæ цæсгомыл армыдзаг уазал æртæхтæ æрбакалдта. Дымгæ, къуыс-къуысгæнгæ, æфсиниуæг систа хатæны, тамакойы мигъвæздæг ныффæйлыдта фæйнæрдæм, стæй барджынæй аз- мæста лæппуйы даргъбецыкк сæрыхил... Æваст сыхаг хатæпæй, æвæццæгæи, йе ’мкъул цæрæг чызджытæ фабрикæйæ æрбаздæхтысты, па- тефоны зæлтæ райхъуыстысты: «Æз дæм æздæхдзынæн, мæ уарзон Цы-фæнды ныхдур ма уа не ’хсæн...» Лæппу, калмдзæфау, фестъæлфыд зарæджы зæлтæм. Цæхгæр фæстæмæ фæзылд. Иæхи нал ба- урэедта æмæ диваныл бацух-мух ласта. Ха-ха-ха! Æрæздæхдзынæн, дам. Ха-ха-ха!..— цыдæр расыджы худæг ыл бахæцыд. — Мæ уар- 196
зондæр зарæг... Уыцы зæрдæбынæй-иу мын æй азарыд... Цымæ йæхи дæр уырпыдтой зарæджы ныхæстæ? Æви... æви æппæт дæр мæнг æмæ ры- мысгæ у ацы сæруырдыг, зыгъуыммæ дунейы?! О, дæуæн нал ис, нал, æрæздæхæн, мæ фæлывд, мæ гадзрахатдзу уарзон!.. Никæдбон, хъусыс?! Ницы хуызы!—диваныл дæлгоммæ ныффæлдæхт, йæ хъæлæс ма, сыбар-сыбурау, гæзæмæ хъуысы. Æваст йæ мидбынаты фæбадæг. Фæлдурæджджын, расыг цæстытæ къулылконд нывыл андæгъдысты. Райста йæ æгоммæгæс, ризгæ къухæй. Æдгуыр ист къамæй йæм худгæбылæй каст бурдзыкку, урсцъар чызг уæрæхзылд урс къабайы. Даргъха- лыг, ахуырст цæстытъыфæлтæ се ’мбисмæ æм- бæрзтой чызджы цæстытæ æмæ йын уый цыдæр хипæйдзаг, цавæрдæр палатгъуыз лæвæрдта. Йæ галиу дæлхъус бæрæгæй зьтнд... ныхысæрыйас сау стъæлф... Лæппу йыл йæ амонæп æнгуылдз узæл- гæ æрхаста. Цæмæндæр йæ зæрдæ бауыпгæг, цæс- тытæ доны авдылдысты. Лыстæг хъыхъхъаг цæс- сыг чызджы цæсгомыл фæтъæпæп æмæ йын хуыз- ивæн акодта. Лæппу дзы нæ цæстытæ нал исы. Йæ уарзты цæссыгтæ, йе стъæлд æнкъарæнтæ йыл иугуырæй пыггуылф ластой æмæ сæ уацары ба- хауд æгасæйдæр. Йæ ивгъуыд уарзт, сæ алы фембæлд, киноныв- тау, ауад йæ цæстытыл æмæ къæхтыбынæй иык- кæрзыдта. Иуафон æм афтæ фæкаст, цыма чызг фæлгæ- тæй рахызт, риу-æмриу æрлæууыд лæппуйы раз. йæ ахуыр куыд уыд, афтæ йын йæ уæхсчытыл йæ уæздан къухтæ æрæвæрдта, монцуадзæг, æрдæг- цъынд цæстытæй йæм кæсы æмæ дзуры: «Ахæм тых, ахæм хъомыс цы уыдзæн æмæ мах кæрæдзийæ фæхицæн кæна?.. Æз дæуыл, мæ фыц- цаг уарзтыл, пикуы сивдзынæн мæ зæрдæ!..» 197
Æваст, бонау, ныррухс,' иыррайдзаст. Хатæны дзаумæттæ ирд æмæ бæлвырдæй разындысты. Иæ уæлвæд, цыма, арвы æрдынцъар æфсæн дзæкко- рæй ныххафтæуыд, уыйау къуырмагæнæг рыпп ныккодта. «Мæзæрдейæ, дам, æй кæмдæр замманайы хорз лæппу фæцис къайæн... индзылер, ахуыр- гонд... Знон, ам, горæты, уыд сæ чындзæхсæв, абон та сæхимæ, хъæуты, лæппуйы хæдзары...» Уæзæгæвæрд, дæрзæг æнгуылдзтæ хъавгæ узæ- лынц чызджы сурæтыл. Ныр бынтон æндæр, æцæ- гæлон æмæ æнахуыр зыны уый лæппумæ. «Дæумæ здæхдзынæн, мæ уæрзон, Æрмæст мæм-иу æпхъæлмæ кæс...» Нæ уисæн кæны патефон иумæйаг æмдзæрæ- ны сыхаг хатæнæй... «Нæ, дæуæн, ныр- сындзæхгæд сты дæ фæн- дæгтæ, мæ зæриндзыкку æхсинæг! Нал дын ис раздæхæц фæстæмæ: нæ уарзт, пæ ивгъуыдмæ...» — æрхæндæг, тугсургæнæг хъуыдытæй дзыназы зæр- дæ, лæсынц цыссыгтæ æнæдаст хъуынджын рус- тыл... Дуармæ та, цæф арсау, уыиæргъы арв æмæ уары лыстæгсыг, тъизгæ къæвда... ФЕМБÆЛД Автобус, фæндаггæрон цы æнгузбæлæстæ арæнхъ, уыдон аууонмæ батылд æмæ уым, иннæ машинæ- ты фæстæ æрлæууыд. 198
— Табуафси, ахизут, æмбæлттæ. Иучысыл уе уæнгтæ айвазут. Уæртæ уын уазал дон, йæ фарс- мæ хæрæпдон. Дæс минуты бæрц лæудзыстæм,— æрбадзырдта нæм шофыр —- тæитъихæг, бурдза- ^ лыг лæппу-лæг æмæ фыццаг йæхæдæг æргæпп лас- та кабинæйæ. Æз банхъæлмæ кастæи, цалынмæ мæ разæй цы бæлццæттæ бадт, уыдон æрхызтысты, æмæ стæй сыстадтæн. — Дон-иу мын рахæсс демæ, — афтид авг мæм æрбалæвæрдта Стасик. — Æмæ сымах пæ хизут? — бакастæн Санетмæ. — Цæмæ дзы хауæм ацы æнтæфы. Фæлтау ам банхъæлмæ кæсдзыстæм... — йæ уæрджытыл æвæрд журналæй йæ цæстæнгас пæ фæиртасгæйæ, æл- хынцъæрфыгæй багуым-гуым кодта уый. Нæ уæ фæпды æмæ лæутт!.. — мæ мид-нымæ- ры сыл мæ къух ауыгътоп, Стасикæй лимопады авг райстои æмæ зæхмæ æрхызтæп. Æптæф бон уыд. Сусæны мæйы фæстаг къуы- ри. Уæддæр ма хсрз æмæ хæхтырдыгæй сатæг уд- дзæф дымдта — хуры судзаг уыйбæрц нал æн- къардæуыд. Ныр кæцыйæм хатт цæуын ацы фæндагыл, фæ- лæ Бакъурцихы диссаджы æрдзмæ кæсынæй нæ- ма сфæлмæцыдтæп: галиуырдыгæй — сауайнæг, бæрзонд къæдзæхтæ, аргъæутты гуымиритау, æл- хыпцъæрфыг, гобийæ лæууынц. Иуы рагъæй дзы урс æхсæрдзæн срæдывта æмæ къæйдуртыл хæл- хæл æмæ гæппытæгæпгæ згъоры дæлæмæ, къæдзæ- хы хъуынабадт фахсыл. Иæ урс æвзаг айнæджы тигъæй æрдардта: дæлвæндагмæ донцæджындз ныллæууыд. Доны æвзист цæппузыртæ тæвд ас- фальтмæ схъиуынц æмæ уадид айсысынц. Фæндагæн йæ рахисфарс — Бакъурцихы дон. Дыууæ комы астæу æнæстагъдæй уайы йе ’нусон 199
фæцдагыл. Иæ фале — тæрс æмæ нæзыбæлæстæй æмæхгæд, ныллæг-бæрзонд къуылдымтæ. Хъазбе- джы хох сæ, уарзæгой мадау, йæ дæлвæччи æр- бакодта. Сæрыстырæй фæлгæсы йае алфæмблайыл. Иæ цъити-худы урс уæлдзарм хуры тынтæм ты- бар-тыбур кæны, судзаг æрттивæн æппары фæй- нæрдæм... Фæндаджы был цы дуканитæ ныррæнхъ, уы- дон раз дунейы адæм, сæ фылдæр — сылгоймæг- тæ. Хъæлдзæг худт, хъæлæба... Уæйгæнджытæ æд- дæмæ рахастой сæ базайрæгтæ, дзыхыдзагæй си- дынц æлхæнджытæм. Æмæ дзы цынæ фепдзынæ салдæгæй, суанг ног моделы мотоциклы уонг!.. Æхсæрдзæны цур дæр — дзæвгар адæм: чи дон пуазы, чи йæхи сатæг кæны. Уæртæ, гъе, иу даргъ- дзыкку пыхцылбоцъо лæппу-лæг та, — æвæццæгæн туристытæй у, — æхсæрдзæнмæ дæрддзæф слæу- уьгд æмæ йып йæ къамтæ исы. Фæндаджы дыууæ фарс — автобустæ, уæзласæн æмæ рог автомаши- нæтæ, — æрвылхаттау, ныр дæр бирæ адæм ис ацы ран. Æмæ дзы куыд нæ уа: Тбилисæй-Къахетмæ, Къахетæй-Тбилисмæйы дардвæндагыл иунæг ацы ран фæуромыиц автобустæ, иунæг ацы раи суа- дзынц сæ фæллад фæлмæцыд бæлццæттæ — афтæ у фæтк!.. Мæ зæрды уыд Стасикæн исты адджинæгтæ алхæнын, фæлæ, зæгъын уал дон райсоп, стæй ауылты нæ цæудзынæп. Æхсæрдзæны донæй мæ къухтæ, мæ хидмæ- цъæл цæсгом æрæхсадтон. Цалдæр хуыппы дзы скодтон: замманайы уазал æмæ хæрзад!.. Дæн- дæгтæ дзы нæ фæразынц. Афтид авг æхсæрдзæны дæлвæччимæ бадард- тон. Æнхъæлмæ кæсын кæд байдзаг уыдзæн. Æваст фепкъардтон: чидæр мæм æдзынæгæй 200
кæсы, кæйдæр æргъуыйау цæстæнгас баицад мæ цæсгомыл æмæ йæм хæрдмæ скастæн. — Уый... уый циу?! Хин мын счынди, æви... Нæ... нæ, æвæццæгæн мæ мæ цæстытæ сайынц!. Донцæджындзы иннæ фарс лæууы... Нæ, нæ, уый гæнæн нæй!.. Цæстылуайæн, хуызфæливæн у!.. Ног та йыл мæ цæстæнгас андæгъд. Уый... уый у æнæмæнгдæр!.. Бæрзондæлвæст, нарæгастæу... æхсæрдзæны æртах-пырхæн йæ уæгъдкалд дзыккутыл, налма- сау æрттивы... Цыма мыл арв æрхауд, зæхх мæ къæхты бын аскъуыд æмæ æнæбып талынгмæ фæхауын... Нæ, уый мыл базыртæ базад æмæ уæларвмæ стахтæн. Хуримæ хъæбыстæ кæнын, арвы цъæхы цæнгтæ- тыгъдæй симын... ,< Уый у... ме сæфт амонд, мæ зæрдæйы судзгæ рис... Хурæнгæс æмæ стъалыдзæст Зæринæ!.. Фыдуаг хъысмæт мын æй дард, æгæроп дард æмæ зынаргъ Ивгъуыды тарфæй раскъуыдта æмæ йæ, мæнæ, хынджылæг, æви хæрзæбонæн авæрд- та мæ разы... Мæ зонд фæкуыддæр. Хæццæ-мæццæ, æмтъер< хъуыдытæ, - арвистопæй зæрдæмæ ныццавтой. Ба- фæпдьтд мæ, ныртæккæ йæ мæ хъæбысы фелва- сон, фырцинæй худон, къæл-къæл кæион мæ дзы- хыдзаг, æфсарм æмæ худинаг байрох кæнон!.. Стæй та... зæгъын æм фæлæбур, æмæ йæ ам, — атæппæт дзыллæйы цæсты раз, — ныммар, иыххурх кæн... Бафæндыд мæ... Æргъуыйау æмæ мæм дисхуызæй кастысты йæ мыдгъуыз цæстытæ, æнкъард мидбылхудт тæл- фыд йæ рæсугъд тæнæг былтыл... Федтои поджы... Федтон, цымы аппыйас сау стъæлф йæ галиу 201
уадулы дæлкъуым куыд фесхъиу-фесхъиу кодта. Бæрзонд, æндыгъд риутæ тыхстулæфты уæлæмæ- дæлæмæ куыд кодтой... Уарзон чызджы зынаргъ цæсгом... Тъымы-тъы- ,матæм дæр нал сæфты лæджы хъуыды-фыстæй. Хатт, йæ царды фæстаг уысм, фæстаг сулæфты онг фæлæууы йæ зæрдыл... Кастæн æм... Кастæн æм æз дæр удрайд, цæстыдзагæй æмæ йæм пал æфсæстæн кæсыиæй... Мисхал дæр, ницы аивта цыма. Куыд уыд, аф- тæ чызгон рæсугъдæй баззад: къæбæлдзыг хил... æлвæстгуыр... бæрзонд риутæ... дæргъæлвæс, къæс- хуыр цæсгом... зæрдæскъæф тæнæг былтæ... Фæндыд мæ, тынг мæ фæндыд къада-доны сæрты йæм куы бахизии, куы йыл ныттыхсин, йæ мыдгъуыз цæстытæм ын куы ныккæсин æввахсмæ... Фæлæ ме уопджы цыдæр пъæззы ныббадт, цы- дæр тых мæ ныббаста мæ мидуаты æмæ къах- дзæф акæныпхъом пал уыдтæи... Æрмæст ма йыл цæстæнгасæй узæлыдтæн... О, цæстæнгасæй... Афтæ мæм каст, цыма æппæт мæ удхъомыс, ме стъæлд æнкарæнты судзаг иугуырæй мæ цæсты- тæм ныццавта æмæ уырдыгæй, æмырдзырд, æнæ- сымæй ныхас кæныпц йемæ. «Кæм уыдтæ, кæм æмбæхстæ ауал азы, цырагъы рухсæй дæ куы агуырдтон æмæ дæ куы никуы ардтои, уæд?..» Цыма мæм йæхæдæг дæр цыдæр сдзырдта. О, цыма, йæ былтæ сæхимид базмæлæгау кодтой, •фæлæ мæм æхсæрдзæны сæх-сæхæй ницы фе- хъуыст... Иуафон йæ цæстыбынты фæйнæ ’ртахы фе- гуырд æмæ, фæдгæнгæ, дæлæмæ æртылдысты. ~Уый циу?.. Кæугæ кæны?.. Æви... æви доны ртæх- тæ сты?.. \202
...Хъуыды кодтоп, зæгъыи мын æй хъысмæт, æвæццæгæн, ме стыр рис, мæ бирæ æгъуыссæг æхсæвты сæрмæ, ме ’взонджы дунсйæ æркодта зæрдæлхæнæн æмæ фидыды алфæп... Хъуыды кодтоп... Фæлæ мæ байрох Ивгъуыдмæ кæп нал вæййы аздæхæн, æмæ ивгъуыд уарзондзинадæн дæр кæй лал вæнйы раздахæп... Чизопы æмæ кæдмæ афтæ лæууыдаиккам, фæ- лæ уалынджы Стасикы цъæхснаг хъæлæс ауад мæ хъустыл: — Рацу, папæ, рацу! Тагъд, æндæра ам баззай- дзынæ!.. — фæрссагæй йæ бурбецыкк сæр радардта æмæ мæм нæ чысыл къухтæ тилы... Фæхатыдтоп, Санет дæр мæм аивæй йæ цæсты зул кæй дары: йæГ лыстæг, бур æрфгуытæ кæрæ- дзийыл нылхынцъ сты. Хъæмпгъуыз, цъериамад дзыккутæ галиу къухæй фæстæмæ адау-адау кæ- ны: бæрæг у цæуылдæр та тыиг кæй смæсты. Е\, ацы сылгоймæгтæ!.. — Æмбал, æрæджы кæнæм!.. — рахъæр мæм кодта шофыр дæр. Цыма ме ’ккой дурæргъом уыд, уыйау сæр- гуыбыр, уæззаукъахдзæфæй араст дæн автобусмæ. Машинæмæ сцæйхизгæйæ, мæ зæрдæ иал фæ- лæууыд æмæ фæстæмæ фæкастæи: Уый, раздæрау дудзавд, æргъуыйауæй лæууыд æхсæрдзæны цур æмæ йæ фæлурс уадултыл цæс- сыджы къадатæ згъордтон... Æрмæст йеиыр бафиппайдтоп, — йæ фарсмæ ма, йæхийау къæбæлдзыгсæр, мыдгъуыздзыкку чы- сыл чызг кæй лæууыд. Чысыл чызг — Стасикæй уыдаид, зына-нæзы- на, хисдæр, — йæ мады фæдджийыл хæцыд æмæ цымыдисæй каст мæ фæдыл... Ай-ай дæр, æцæгæй ’хгæд сты лæджы фæндæг- 203
тæ йæ Ивгъуыдмæ. Ницыхуызы, ницы амалæй ис раздахæн ивгъуыд уарзт, ивгъуыд æвзонгадæн... Бакъурцихы æфцæгыл та, хъыгагæн, дæс ми- нуты йеттæмæ нæ фæлæууы автобус. Хъыгагæн, æрмæстдæр дæс минуты... Цхинвал МАЙДАНЫ ДЫУУÆ ФАРСЫ Фæныкгъуыз «Волгæ» æнæхицау зæрæдты хæ- дзары раз йæ цыд фæсындæг кодта. Уæрæх кау- дуарæй мидæмæ батылд æмæ туфæйамад æддæг- уæлæ бæстыхайы раз æрлæууыд. Скъæрæг — æм- бискармæ ’ввахс нарстуадул, хытъынджын нæлгой- маг, машинæйæ цæрдæг рахызт æмæ йæ фæстæ дуар батъæпп ласта. Уыдис ыл счъилфадыг джинс- хæлаф аргъæвæгджын фæтæи ронимæ, фæсарæй- наг хъулоп хæдон æмæ тъæпæнфындз бур туфли- тæ. Лæг машинæйы развæрсты ’рзылд æмæ иннæ раззаг дуар дæр байгом кодта. Уырдыгæй арæхст- гай рахызт уæздæттæконд сылгоймаг. Митьт хъæ- пæнау урс армытъæпæнæй йæ цъериамад дзык- кутæ фæстæмæ адаудта æмæ былысчъилæй уагдоны кæртыл афæлгæсыд. Æввæхсты цъиузмæлæг ничи зынд, æрмæст фале, дыргъдонгæрон, къæлæтджын фæсхбандоныл, бадтысты дыууæ зæронд усы æмæ цæуылдæр зæрдиаг иыхас кодтой. — Ам уал фæлæу, мах ныртæккæ фездæхдзыс- 204
тæм,— машинæйы гом фæрссагæй бадзырдта сыл- гоймаг кæмæдæр æмæ лæджы разæй уæрæхкъæп- хæн асинтыл суад. — Ам уæ директор цы ран бады? — афарста, тыргъмæ бахизгæйæ, æфснайæг усы. Уый голладжы хæррæгъ доны ведрайы фæтъыс- та æмæ хуылыдз къухæй галиуæрдæм ацамыдта: — Уæртæ уым, дыккаг кабинеты... Къæсæргæрон, сылгоймаг, йе ’мбæлццонæн фæн- даг дæттæгау, иуварс алæууыд, фæлæ уый, «нæ» зæгъгæ, йæ даст сæр цæхгæр ныттылдта æмæ цæ- мæпдæр арф ныуулæфыд. Сылгоймаджы цæсгом фæтар. Иæ хъæстæлгъуыз цæстытæ мæстыйы дзагъыр фæкодта лæгмæ, фæлæ дзургæ ницы скодта, дуар бахоста æмæ мидæмæ бахызт. — Директор уæ хъæуы, зæгъут?.. Ныртæккæ... ам уал иучысыл анхъæлмæ кæсут, — бандæттæм сын ацамыдта нымæрдар — сырхуадул æвзонг чызг, — арвыроиау хуызджын авг кæсæнцæстыты, æмæ цæрмынцъар астæудуарыл бахæцыд: — Барысби Зурабы фырт, мæнæ дæ чидæртæ агуры, æмæ... — Табуафси, мидæмæ сæ æрбахон! — райхъуыст кабинетæй нæлгоймаджы хъæлæс æмæ чызг фæс- тæмæ фæзылд: — Бацыт, цалыпмæ æвдæлон у, стæй йæм со- бесæй сты æрбацæуинаг... Сылгоймаг ма йæ лыстæгзылд æрфгуытæ алæ- гъзытæ кодта, къаннæг, тымбыл айдæн афсиайдта йе уæхскылауыгъд даргъбосджып хызынгонды æмæ мидæмæ бахызт. Ие ’мбæлццон — йæ фæдыл. Директор — урсхилтæ, бохъхъуырджын нæлгой- маг, сæ размæ рацыд, «Æгасцуайтæ» сын загъта æмæ сæ йæ акомкоммæ диваныл æрбадын кодта. — Хъусын уæм, æнæ хабар нæ уыдзыстут... 205
— Ай-айдæр, æнæхъуыддаг не стæм, мæ фы- дыхай. Ацы сахат Н-йы горæтæй æрхæццæ стæм, иу зæроид æнæхицау лæджы уæм æрластам. Цæ- виттон, пæ корпусы цард. Нæ йыи хæстæг псчи ис, нæ ’ввахс æрвад. Мах æм, сыхæгтæ, нæ хъус бæргæ дардтам, чи йын-иу йæ къæбæры хай ба- лæвæрдта, чи-иу ын йæ бызгъуыртæ ахсадта. Фæ- лæ хæдзарæй-хæдзармæ цас фæкæсæн ис? Сфæл- мæцыдыстæм дзы. Лæг ма дзул æмæ мыдæй дæр куы схъыг вæййы! Стæйдæр а-фæстаг рæстæджы, бынтон сдзæгъæл, схæтæнхуаг. Æмбисæхсæвтæм-иу хæдзарæдде баззадыстæм йæ агургæйæ. Уæддæр хорз, æмæ йын нæ «хæдзкомы» сæрдар йæ гæх- хæттытæ бацæттæ кодта æмæ йæ мæнæ ныр, со- циалои ифтонгады Министрад рарвыста сымах- мæ, — сылгоймаг дзырдта тагъд-тагъд, æнæрулæф- гæйæ, раст ын цыма йæ ныхас æрдæгыл куы фес- къуыной, уымæй тарст. Кæд ын йæ ныхæсты цыдæр ныхмæдзыдтæ фæ- хатыд, уæддæр æм Барысби хъуыста сабырæй. Æрмæст йæ цæсгом куыд-фæстагмæ тарæй-тар- дæр кодта, пыхцыл æрфгуытæ кæрæдзимæ сæхи нылвæстой. — Уæдæ йын сымах чи уыдзыстут, зæгъыс? — афарста усы æнæнхъæлæджы. — Мах? — фæтыхст ус. — Мах... мах йæ сыхæг- тæ стæм, æрмæстдæр йæ сыхæгтæ, куы ма дын æй загътон! Бахæс нын чынди æмæ йæ, нæ удыбæсты тыххæй æркодтам ардæм. Æндæр ма дзы исты вæййы?—йæ пух былтæ ассывта æмæ тæргай- гъуызæй иуварс абадт. — Æмæ æз дæр куы ницы зæгъын... Министра- дæй уæм гæххæт ис?.. — Ис, — ацы хатт сныхасхъом фæци йе ’мбæлц- цон дастсæр, нæлгоймаг дæр. - 206
Сылгоймаг йæ хызынæй мыхуырфыст гæххæт фелвæста æмæ йæ директоры раз æрæвæрдта. — Мæнæ уып балцæг! — Дæ разы ма мын Н-йы горæттаг Билæуонты Датикъойы докумепттæ рацагур, пыр ам хъуамæ уой, — адзырдта Барысби пымæрдармæ. — Нырма сæ та^ккæ зпоп райстам Министра- дæй, — чысыл фæстæдæр ын йæ разы тæнæггомау папкæ æрæвæрдта чызг. — Кæм ис уæ зæронд, йæхæдæг та? — Дуармæ, машииæйы бады, — пыхасы бон та фæцис Дастсæры. — Ирæ, хисдæр медицинон хойæи зæгъ æмæ уыцы лæджы æрбæстоп кæпой. Дæхæдæг та йæ, абопæй, фæлхасуæвджыты номхыгъдмæ бахæсс. — Хорз, — цыбыр дзуапп радта пымæрдар æмæ æддæмæ ахызт. — Нæ, фæлæ, афтæ куы зæгъут Датикъойæн, дам, хæстæджы номыл ничиуал ис, уæд ма йын Ростик та чи у? — Датикъойы паспорт рафæлдах- гæйæ, Дастсæрмæ æдзынæгæй бакаст Барысби. — Чи?... Ростик?... Гъм. Ростик йед у.. мæ гъа, рæстмæ йын куы ницы хъуыды кæнын, — адæргæй йæ дзыхы ныхас нал бадт лæгæн, йæ нарст цæс- гом цъæхтæ-буртæ афæлдæхт. — Ростик, мæ хур, йæ фырт бæргæ у, фæлæ Уæрæсемæ фæлыгъд æд бинонтæ æмæ дзы ныр иу- дæс азы бæрц ницыуал бæрæг хъуысы, — ныхас та йæхимæ айста сылгоймаг. — Барысби бынтон ныттардзæсгом. Иуафон цыдæр дæрзæг ныхас йæ былалгъыл абадт, фæлæ йæхи иыуурæдта. Сыгъдæг гæххæттыл цыдæртæ афыста æмæ йæ Дастсæрмæ балæвæрдта. — Гъа дæ къух ыл бафысс. ; — Цавæр гæххæтт ма .у? — йæхи йæм байвæз- та сылгоймаг. /,- 2(37
— Датикъойы ардæм сымах кæй æрбакодтат, уый бæлвырдгæнæн у, — йæ ныхы фæз сæнхъырд- тæ лæгæн. — Карчы цъиу мыййаг нæу, советон адæймаг у, æмæ нæ исчи куы фæрса, кæцæй уæм æрхауд, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзыстæм?.. Сыгъдæг уд, дам, уыд æмæ нæм уæлæрвæй æр- тахт?.. Нæ, нæ, тæссагæй дзы ницы ис, хуымæтæ- джы формалондзинад... — уазджыты цæсгæмттыл дызæрдыджы нысæнттæ фæхатгæйæ ма афтыдта й.' ныхасмæ. — Зæронд лæджы уал рæстæгмæ палатæ — нзоляторы схуыссып кодтам. Сихор ын бахастой. Ныртæккæ йæ номхыгъды дæр бафысдзынæн,— дуарæй йæ сæр æрбадардта нымæрдар. — Хорз, Ирæ. Цу, ныр де ’ннæ хъуыддæгтæ кæн, — фæбузныг дзы директор. Дастсæр йæ риуы дзыппæй хæдфысгæ ручкæ фелвæста æмæ гæххæтты бын йæ къух бавæрдта. Сылгоймаг ын æваст йæ къухафыстмæ фæкомком- мæ æмæ фестъæлфыд, рæмбыныкъæдзæй басхуыс- та лæджы. Уæдмæ уый йæхæдæг дæр бамбæрста йæ рæдыд æмæ фырадæргæй йæ сурхид акалд! Ризгæ къухæй тагъд-тагъд ахæххытæ кодта йæ къухбафыст æмæ йын йæ фарсмæ æндæр цыдæр ахъулон кодта. Стæй, цыма йе ’ккойæ æнæхъæн бæхыуаргъ æриста, уыйау ныуулæфыд æмæ, йæ пыхы хид асæр(фгæйæ, сыстад. — Хорзæй баззай! — фестад сылгоймаг дæр. — Хæрзтыл æмбæлд ут! Уастырджи де ’мбал, Ростик! — Бузныг Барысби Зурабы фырт! —къæсæргæ- рон фæстæмæ фæзылд Дастсæр. Æвæццæгæн йæ зæрды уыд лæгæн исты арфаейы ныхæстæ зæ- гъын, фæлæ Барысбийы худгæ цæстытæм куы фем- дзаст, уæд фембæрста, йæхиуыл та комдзог кæй рацыд, уый. Æмæ гъæйда-мардзæ! Иæ хъоп- 208
пæг цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйлиуырдтой. Дурсæттæн дзæккорыйас тымбыл къухтæ сæхи- гъдауæй æрбатымбылтæ сты. Ахæм цæстæнгас ма вæййы къæппæджыбахауæг сырдæн, гъе та, йæ хуыс- нæггаджы уæлхъус кæй баййафынц, уыцы фыдгæ- нæгæн. Лæг, агæппæввонг фæранкау, æгасæйдæр æрбалвæст, æрбамбырдтæ, фæлæ уый уыд æр- мæстдæр иу уысмæн. Уадид йæ мæцъис цæнгтæ .т.рлæмæгъ сты, уæнгты æндыгъдад æрбайсæфт, «,æф арсау, ныууынæргъыдта æмæ феддæдуар. — Цæстфæлдахджытæ! — æлхъывд дæндæгты ’хсæнты йæ маст ралæмæрста сæ фæдыл Барыс- би. — Барысби Зурабы фырт, афæлывтой нæ!..— къæсæрыл, тыхулæфтгæнгæ,г æрбалæууыд Ирæ. — Афæлывтой нæ, æмæ сæ ам дæр нал æрбаййæф- топ уыцы цъаммæртты!.. — Куыд?.. Чи нæ афæлывта?! — лæджы пых- цыл æрфгуытæ «фырдисæй» тæрныхыл уæлвоиг абадтысты. — Чи æмæ не ’рдæбоны уазджытæ!.. — йæ дзы- гъуыртæ цæсгом туджы зилы чызгæн. — Дати- къо, дам, махæн æппындæр ницы хицон у, афтæ- мæй та уыдон йæ иунæг фырт æмæ йæ чындз уы- дысты! Зæропд мын сæ ныртæккæ йæхæдæг срæ- дыд.. — Гъе, æрмæст мын уый зæгънпаг уыдтæ? — йæ мидбылты æнкъардæй бахудт директор. — Нæ уазджытæ цы маргъы мыггаг сты, уый æз уайтагъддæр бæргæ базыдтон, фæлæ гъа, цы сып бакодтаип!.. — чызг арф ныуулæфыд: — Ау, куыд сын цы бакодтаис? Сæ сау митæ сын хурмæ ракал, адæмы раз сæ ныххудннаг кæн... Аздах сын сæ зæронды, боныфæстагмæ! — Æниу æппæт уыдæттæн бакæнæн уыд, кæд мæм уыцы бартæ ничи радта, уæддæр, бынæттон 14. Тедеты Р. 209
ма куы уыдаиккой, уæд, фæлæ ныр та?.. — исдуг фæхъуыдыйыл Барысби. — Ныр та кæмæй æф- сæрмы кæнынц? Ничи сæ зонгæ кæпы, никæй сæхæ- дæг зонынц. Ацу æмæ сæм дзур. Ам æцæгæлæт- тæ сты. Махмæ дæр уымæн ранцадысты, æндæра Н-йы горæты дæр куы ис ахæм уагдон. Сæ зæ- ронды тыххæй та... нæй мын уый бæрц бартæ, æмæ йæ фæстæмæ аздæхтаин. Министрадæй сæм бал- цæг уыд... Æнæуый сын фембарын кодтон, сæ хинвæнд кæй раргом æмæ таппызарты хай дæр уымæи æрбаисты. Фæлæ сын, зæгъгæ, исты бæл- вырд кæиын, — загъд-замана систаиккой. Ницæй тыххæй басастаиккой зæропдимæ сæ хæстæгдзи- надыл, — йæ къух ауыгъта Барысбп. — /Емæ кæд уыцы зæрондæп, цы-фæпдыйæ дæр æнæрайсгæ нæ уыд, уæд ма сæ ацы комеди та цæ- мæп бахъуыд? — бадис кодта Ирæ. — Цæмæн куы зæгъай, уæд сæм кæнæ худинаг каст сæ зæропд фыды ардæм кæй æрвыстой, уый, кæнæ та ахæм дурзæрдæ æмæ æдзæсгом адæмы- хатт уыдысты æмæ сæ фæидыд, сæ фыдыл мыг- гагмæ сæхи атигъ кæнын, уазæгуаты дæр сæм æй куыд никуы ауадзæм, йæ рыпчын, гъе, йæ мæ- лæты рæстæджы дæр сæ куыднæуал батыхсын кæ- нæм. Ды, нырма хæрз цъус рæстæг кусыс махмæ, æмæ нæ зоныс, пæ зæрæдтæн кæд хицауад æппæт уавæртæ дæр сарæзта цæрынæн, уæддæр сæ иуæй- иутæ, нæ бафæразынц ам, Райгуырæн уæзæг сæ æдзух йæхимæ фæласы. Æмæ ахæмты мах дæр бар-æнæбары арвитæм сæхимæ, — тыхæй сæ пæ баурохмдзысты мыййаг! Гъе, уыцы хабар дæр, æвæццæгæн, се ’нæзонгæ нæ уыд нæ уазджытæн, гъе, æмæ, развæлгъау мадзæлттæ райстой! — бал- хынцъ кодта йæ ныхас директор. т- Нæ, ам цыдæр раст нæу, науæд та йæ æз дзæбæх не ’мбарын,— пе сразы чызг. Нынйар- 210
джыты раз сæ зæнæг хæсджын сты... Кæннæуæд уый циу? Де схъомылгæнæг, йæ комдзæгтæй дæ чи схаста, адæмы рæгъы дæ чи ракодта, уый фæзæ- ронд, кусынæн, змæлынæн нал у, уæд бацу-бавдæл æмæ йæ, æнцойзæрдæйæ, зæрæдты хæдзары смидæг кæн! Цы хъомыладои цæвиттон хъуамæ радта ахæм адæймаг йæхи хъæбултæп? Ау, йæ зæронд фыдæн тæскъ чи быдта, уыцы лæджы æмбисонд сæ бай- рох?! — Раст зæгъыс, Ирæ, дзырд дæр ыл нæй, — Ба- рысби тамако ссыгъта æмæ спичкæйы судзæн æрт- хутæгдоны хъавгæ æрæвæрдта. — Ныртæккæ, Ми- иистрад скъуыддзаг кæны уыцы фарст. Тагъд рæс- тæджы йæ тыхы бацæудзæн ног уагæвæрд, зæрæдты хæдзæрттæм фæлхасуæвджыты исыпы фæткойтæ бæрæг фæкарздæр уыдзысты. Æндæра, иуæй-иу материалон æгъдауæй ифтонг адæймæгтæ... Директор дзырдта æмæ дзырдта, чызгæп та куыд-фæстагмæ йæ ивгъуыд, йæ сабибонтæм аир- вæзтысты йæ хъуыдытæ: ...Дзæнхъирд æхсæв у. Тъæнджы мæйы уазал æх- сæв. Дымгæ, электроны телтæгтæй — йæхицæн фæн- дыр æрцарæзта æмæ сыл къуыззнттæй зары. Стъа- лытæ, авджы сæстытау, æрттивынц бæрзонд, сыгъ- дæг арвæй. Ахсæв бæрæгбон æхсæв у, Дзинкъуырты æхсæв. Хъарм, райдзаст хæдзары бадынц удрайд бинон- тæ. Пецы, къæрццытæгæнгæ, судзы цырен арт. Иæ сау фæрстæ армытъæпæныйæстæй сырхзынг афæл- дæхтой. Къулгæрон, пецмæ ’ввахс, хъæдын, уæрæх- тæ сыптæгыл хуыссы зæронд гыцци. Иæ урсхæццæ,. ивзыдхъуып дадалитæ цикъæцъар базыл суанг уæхс- чытæм æркалдысты. Сæр хæмпус базы йе ’мбис- 21Г
мæ баныгъуылд æмæ фæлурс уадултæ ивддзæгтæ кæнынц базы урсимæ. Уарзондзинадæй семыдзаг тармыдгъуыз цæстытæ, фæлмæн æмæ рæвдаугæйæ, кæсынц се ’нцъылдцарм къуырфытæй. Йæ хъæбулы хъæбулты зæнæг иукъордæй йæ алыварс ныттым- был сты зæрондæн. Чи сæ йæ дæлфæдтæм схылд, чи йæ разы бандоныл фæтъæпæн. Чысыл Бола та сынтæг æмæ къулы ’хсæн ныллæст æмæ йæ цымы- дис цæстытæ Æнайы дæллагхъуырæй æрттивынц. Аргъау сын кæны зæронд. Фыдæлтыккон, алæмттаг аргъау... Æртдзыхы раз иыллæг æртыкъахыгыл бады Ирæйы хисдæр æфсымæр Хъазымæт æмæ цæхæ- рыл физонджытæ кæны. Чысыл фалдæр чыпдзытæ уæливыхтæ ссивынц. — Уыдон æрцыдмæ хъæлдзæг æмæ æпæмастæй фæцæрут, мæ зæрдæйы уидæгтæ! — фæцис йæ аргъау копд гыцци æмæ Болайы къæбæлдзыг сæр йæ риу- мæ æрбалхъывта. — Ноджы ма нын рааргъау кæн о, Æна. — Ноджы ма... ноджы ма!.. — Уæйыг æмæ нын кæсдæр æфсымæры аргъау ракæн, гыцци, — йæ пух æрмттæй зæронд усы æн- цъылд уадултæ лæгъзытæ кæпы Бола дæр. — Сом, сом, мæ чысыл хуртæ! Æхсæв иу аргъа- уæй фылдæр нæ фæччы, куы уын фæзæгъын, — æвæццæгæн, афæлмæцыд зæронд ус. — Алæма, кæцытæ сты, кæ?! Цал хатты уып загътон, гыццийы ма тыхсын кæпут?! — æваст кæ- цæйдæр сæ уæлхъус февзæрд Ирæ — йæ кæсдæр фырты хъæбул æмæ сæ къуырдтытæгæнгæ, йæ ра- зæй айста. — Цæмæи сæ ’хсойыс, дæ сæрылхаст æрбауон? Уьгдон нырма чысылтæ сты æмæ ницы æмбарынц,— уандзæфтæ йын кæпы зæропд ус. — Чысылтæ нæ, фæлæ. сæ къулбадæг сахуыр 212
кодтам æмæ нал уисæн кæнынц! — йе ’рфгуытæ ныл- хынцъ кодта «Æнайы фыдсыл чызг». — Стæй сын фыпæйафоп дæр у. — Мацы сæм дзур, дæ фæхъхъау фæуон, уыдоп дæр мæ хъæбултæ сты. Уадз æмæ æдзухдæр мæ цуры уæнт. Уæддæр уын ныр тагъд аивгъуыйдзы- нæц ме ’цæг дунемæ æмæ... — чызджы къухмæ бав- нæлдта зæронд ус æмæ дзуры хæр-хæргæнаг, æдых хъæлæсæй. Чысыл чызг нæ бамбæр-ста, кæдæм сæ хъуамæ фæцæуа гыцци, уый, фæлæ зæрдæаивæй фембæрста, зæронды пыхæсты цыдæр тæссаг æмæ æбуалгъы рæстдзинад кæй ис, уый,- æмæ йæ зæрдæ бамæгуыр. Бафæпдыд æй зæгъын гыццийæн, куыд бирæ йæ уарзы, куыд тыхджын æй мысдзæн, уыдæттæ, фæ- лæ æрмæст сфæрæзта: — Цом, æз дын тас æрбадавон дæ къухтæ сæх- сынæп. Æхсæвæр сцæттæ... — æмæ дуармæ рауад. Бирæ уарзынц Æнайы йæ зæнæг, стæй уыдон зæиæджы зæнæг. Иæхæдæг дæр сыл афтæ æпæ- рхъæц у. Йæ цардæмбал раджы фæзиан æмæ йæхи сылондыхæй схаста авд хъæбулы. Уыдопæй иуиæг йæ кæсдæр фырт Тути баззад ам, хъæуы, иннæтæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Æцæг сæ зæропд гыц- цийыл иæ бавдисæн кодтой. Арæх æм æруайыпц æд цот, æд биноптæ. Йæхæдæг дæр сæ æпæабæрæг иæ фæвæййы, фæлæ пыр дыууæ мæйы бæрц цы- дæр уатон ахаста æмæ йæ цæуæитæ нæхи бар нал сты, мæгуыр... Айразмæ та цыдæр æрæмысыд: йæ зæпæгмæ фервыста, æрцæут, дам. Уыдон дæр цъиуæй, бæду- лæй æрхæццæ сты удаистæй. Иучысыл, цыма, тæрс- гæ дæр фæкодтой. Æмæ тæрсыи дæр диссаг пæу, йæ дæс æмæ цыппарæссæдз азы йæхирдыгæй раджы фесты Æнайæп, æмæ хуыцау бахизæд, фæлæ цы пæ вæййы. Фæцæл, фæминас кодтой йæ хъæбултæ, 213
æрæмысыдысты сæ сабион бонтæ æмæ стæй фæцы- дысты сæ фæрныг хæдзæрттæм, уæдæ цы уыдаид!.. Æхсæвæр сцæттæ. Хъазымæт цъыс-цъысгæнаг физонджытæ хуынхæссæн егъау тæбæгъмæ æркар- ста æмæ та ногæй фыдызгъæл бакодта дысиуон æф- сæп уæхстыл. Уалынджы æддейæ кæйдæр хъæлæба ссыд — уый Тути сыздæхт дæлæсыхæй. Абон сихорæй цæй- дæр хъуыддаджы фæдыл ныууад йæ мады æрва- дæлтæм. Æнайы къæссадзæгъдæи — пыхцылæрфыг, къæ- дзæхы фахсы хуызæн лæппу, къæсæрæй æрба- хызт, йæ худы мит тыргъмæ ацагъта æмæ зæрон- ды дæлфæдтæм æрбадт: — Цæй, куыд у, мæ мады къуындзих, кæд дæ исчи хъыгдары мыййаг, и? Уæд ыл мæп сардау æмæ йæ а-джелбетт лæппу, карчы цъиуау, акъа- бæзтæ кæна! — зыны йыл, чысыл сыкъадзæф кæй у, йæ халас æрдынвиц рихитæ, фыры сыкъатау, хæрдмæ нысхъæл сты. Йæ мыдгъуыз цæстытæ сой- æрттывд кæнынц сæ уæлæигай къуырфытæй. — Æмæ мын чи цы хъом у, чи, мæ фырт! Нырма мæ чызгои хъару мæхимæ куы ис! — худы гыццп дæр йæ хынцмæ. — Хуыцау дын æй макуы байсæт! Афтæ мын удрайд æмæ хъæлдзæг у кæддæриддæр! — ныттыхсг ыл Тути, йæ путрихиты ’хсæп зæронды чысыл арм зынгæ дæр нал фæкодта. — Иед у... Æвæччийаджы æхсæвæрæй кæд, мын- йаг, иæ фæхъæстæ дæ, мæ лæппу? — дызæрдыг- дзастæй йæм бакаст йæ мад. — Уанцон нæу. Ахæм æиæгъдауæй ма мæм кæд æхсайдта дæ зæрдæ? — йæ уæлæдарæс ивыпыл фæ- цис,Тути. — Кусарт акæнынмæ сæм фæкастæп æмæ стæй рафардæг дæн, гыцци... ...Мæхæдæг?.. Мæхицæн та цы хъауджыдæр у, 214
фæлæ не ’фсипы афтæ бафæндыд æмæ, — фсхъуыст зæропд усмæ иуафон йæ хисдæр чындз Гуыбайоны хъæлæс. Ныр дыууиссæдз азæй фылдæр цæры сæ хæ- дзары æмæ кæрæдзийæп «дæ цæст сау» дæр пикуы загътой. Æмзопд, æмвæпдæй фæцардысты чыпдз æмæ æфсин. — Кæд афтæ у, уæд æз дæр дæу бафæзмдзы- нæи. Уадз æмæ йын æхсызгон уа, — уый та йæ го- рæттаг чыпдз Мартæ у. Уазæгуаты сæм æрцыд ды- сон. «Цымæ сæ дзырды сæр цæуыл уыд?.. Тæккæ рай- сом йæ истыгъуызы хъуамæ базоион æмæ сæ аивæй сæхи фæндыл бафтаудзыпæп, — кæсдæрты фæпдæг- тæ æхгæнып пе ’мбæлы!» — ахъуыды кодта зæропд йæхинымæр. Дæргъæй-дæргъмæ, хæдтухгæ фынджы дывæр- сты рабадтысты йæ цот, — хъæубæстыдзаг адæм. Гыццнйæп дæр сыптæджы æмвæз æртыкъахыг æрæ- вæрдтой æмæ йæ чыидзытæ йæ фæннæ фарс æр- бадтысты. Ирæ дæр — сæ фарсмæ. Тути сыкъа æрыдзаг кодта æмæ йæ гыциимæ балæвæрдта. Уый, йæхиуыл дзуæрттæ афтаугæйæ, ризгæ къухæй пыххæцыд нуазæныл: — Л хæдзар хуыцау æмæ лæгты дзуарæй фæ- дзæхст фод. Йæ быны цæрджытæ хызт уæпт соп æмæ фыдрынæй. О, сыгъдæг бардуаг, мæ хъæбул- ты мын фыдбылызæй бахиз, амонды фæндæгтыл сæ бафтау, хæрзæбоиæй хайджып цы уой, циндзп- надæй — æфсæст! Нæ дзæбæх сыхæгтæ, нæ хорз хъæубæстæ æнæниз, цардæфсæст цы уой, уыцы амонд сып ма бахæлæг кæн. О, Дзинкъуыры бар- дуаг! Ахсæв де ’хсæв у, æмæ дæм пæ зæрдæбын куывд фехъуысæд! Нæ фос фпдæн афон æртывæр цы бауой. Хуысиæг æмæ сæм тугдзых сырд куыд ницы бар дарой. Нæхæдæг-иу дзы цы фæкайæм, 215
уый та æрмæст цинты æмæ бæрæгбонты хардзаг цы уа! — Гыцци пуазæн йæ былалгъыл авæрдта æмæ йæ стæй Тутийы къухы фæсагъта... ...Мæйрухс æхсæв у. Зымæгон æхсæв. Фыруа- залæй дыргъдоны балбæлæстæ къæс-къæс кæнынц. Дымгæ фенцад йæ ниуыпæй, æрмæст ма иу стæм хатт æрбафутт кæны тыхсаст, æнæбонæй. Мæй, ал- маси хъусцæгау, æрцауындзæг арвы бæстастæу æмæ йæ рухс тынтæ рæдауæй тауы митæхгæд зæх- хыл. Рухс у æдде, бонау. Хæдзары та — талынг. Би- нонтæ ныффынæйтæ сты. Фаллаг хатæнæй хъуысы Тутийы тыхджын хуыррытт. Хатт сабитæй чидæр базмæлы йæ мид-фыны, цыдæртæ багуым-гуым кæ- ны æмæ та ныхъхъус вæййы. Æмбисæхсæвæй раджы ахызт, фæлæ Ирæйы цæстытыл хуыссæг нæма ’рхæцыд. Чызг хуыссы ру- дзынггæрон, гыццийы дæлфæдтæм æмæ фæрссагæм- бæрзæны зыхъырæй кæсы æддæмæ бæрзоид стъа- лыджын арвмæ. «Цымæ алкæмæп дæр афтæ уарзоп æмæ зы- наргъ у йæ гыцци? — хъуыдытæ сæхигъдауæй лæ- сынц сонтуд, æвæлтæрд зæрдæмæ. — Æвæццæгæн, нæ, æндæра айразмæ, пæ сыхаг Бибылон цæмæн афтæ тынг хъаст кодта сæ зæропд усæй?.. Æцæг Хуыгианы адæм иууылдæр æдзæстуарзон æмæ сау- зæрдæ хонынц, фæлæ уæддæр... Ау, уый дæр зæ- ронд ус куы у, гыццийау. Æмæ, дам, æй сымахо- нимæ цæмæн барут? Уалион, дам, хуысгæуатæй дæр зæдæнвиц сылгоймаг у! Махон та — усбирæгъ! Мæ фыд-зæрдæмæ уый фæхъызæд! — дзырдта Би- былон Ирæйы мадæн». Цымæ, зæгъæм, мах гыцци дæр Хуыгианы хуызæн у, уæд ма йæ уарзии?..— æваст, йæ цæстыты раз февзæрд Хуыгиап — фыд- цъылыстæконд, гуыбыр, æдзух хылгæнаг зæропд ус, тызмæг цæстæнгасимæ. — Нæ, нæ йæ уарзин... 216
Ау, уый та куыд? Гыццийы ма уарзоп? — æбуалгъ æмæ йæм диссаг фæкаст уыцы хабар.— Нæ, уарз- гæ йæ уæддæр кæнин, фæлæ афтæ тыхджын нал,— банцад, æппынфæстаг, уыцы хъуыдыйыл. «Цæмæн загътаид дысоп гыцци, тагъд, дам, мæ* ме ’цæг дунемæ хъæуы? — Кæм ис уыцы дуне, стæй йæм цæмæ цæуы гыцци? Æнæ уый куыд уыдзыс- тæм мах?!. Нæ, фæлæ уæддæр цæмæц афтæ загъ- таид гыцци? Райсом æй, æпæмæнг хъуамæ бафæр- сон...» — ахъуыды кодта йæ мид-зæрды, стæй тæл- тæг фынæй ацис. Фæлæ пал бантыст Нрæйæп йæ зæроид гыц- цийы бафæрсын, æхсæвыцъæхтыл фехъал саби-чызг сылгоймæгты марой æмæ Тутипы зæрдæхалæп богъ- тæм. Тарстгъуызæй бакаст сывæллон гыццийы уа- тырдæм æмæ йæ æхгæдцæст, æнахуыр фæлурсæй куы федта, уæд йæ дзыхыдзаг ныцъцъæхаст кодта. УДИВÆНТÆ Амард зæронд Бæтæг. Фæцард, цы йæм æмбæлд, уый, уæлион зæххыл. Федта йæ хай маст æмæ цин, хъыг æмæ æхсызгонæй æмæ цæуы мæнæ ныр, раст- кæны йе ’цæг дунемæ — Мæрдтыбæстæм... Кæмдæр æй хорз лæг хуыдтой, нымад лæг æгас- комбæсты. Уымæн ыл ныттымбыл сты адæм Кæф- тæй-Кæсæгмæ: хицонæй-зонгæйæ фæндараст кæ- нынц Бæтæджы æдзард буар йæ фæстаджы балцы... Кæргы къухбакæнæн нæй æрцæуæг адæмæй: 217"
нæлгоймæгтæ сæргуыбырæй уырдыг лæууыпн, сæ цæстытæ зæхмæ ныццавтой; лæггадгæнæг æввахс ^сиуæттæ, сыхæгтæ къæбицæй — хæдзармæ, хæдза- рæй — къæбицмæ тыннывæндæгау кæнынц, — утæп- пæт дзыллæйæн рухсаггаг цæттæ хъæуы, уæдæ цы?! Чысыл фалдæр, æнгузбæласы дæлварс пæлхъ- пæлхъæй æхсидынц цалдæр цæджджинаджы, —уы- дон кусæрттæгтæн сты, зианы кусæрттæгтæн. Цæ- мæй зæронд Бæтæг «уымы бæсты» цух мацæмæй уа, искæй мæрдты къæбæртæм æнхъæлмæ ма кæса! Сылгоймæгтæ цалдæрæй торнейы кæрдзын кæ- пыпц, сæ иутæ дæргъæццон, тæвд дзултæ торнейæ исынц, иннæтæ сæ мидæмæ, къæбицмæ скъæфынц. Иу къорд ма та дзы сыхæгтæм архайы, — зиан- джыитæи æххуыс кæнын æмбæлы, уæдæ цы!.. Адæм чыртæ-чыртæй цæуынц æмæ цæуынц Бæтæгты стыр хæдзармæ. Сылгоймæгтæ иу уынджы ■тигъæй æрбахъарæг кæпынц — куыд зæрдæрисгæ — тыхджыпдæрæй. Нæлгоймæгтæ сæруагъд, хъын- цъымдзаст, бирæтæ дзы аивæй сæ цæстыбынтæ асæрфыпц: афтæ у æгъдау, — ирон лæгæн кæуын, æргом хъынцъымкæпын пе’мбæлы. Бахизынц адæм уыцы хуызæнæй Бæтæгты уæрæх кæртмæ, æрхуым, пыллæгхъæлæсæй «цинты лæуут» зæгъынц уым лæуджытæц. Къæсæрыл, зæхмæ кæс- гæйæ, райсынц зианджынты къухтæ æмæ стæй, худ- истæй бахизыпц мидæмæ, цардæмвæливæгæн æгъ- дау раттынмæ. Устытæц ам фæтынгдæр вæййы сæ марой. Тых- джындæр æрхойынц зæронд устытæ сæ къæцæл- уæрджытæ æмæ, хъарæггæигæйæ, куыдхисдæрæй рабадынц марды алыварс. Бæтæг хуыссы бæрзонд хъæдын тъахтъиныл. Иæ удæгасæй дæр æдзух ууыл хуыссыд. Раджы кæддæр, йæ хисдæр фырт Будзи куы райгуырд, уæд æй йæхи къухтæй сарæзта. — Цæмæй зыдта, мæ- :218
гуырсар, æмæ уый йæхицæй цæрæццагдæр разын- дзæп!.. Хуыссы Бæтæг æдыхст, æвæлмасæй йæ зæропд тъахтъиныл. Фесты конд йæ хъуыддæгтæ, йæ ара- зинæгтæ, бафыста хуыцауы хæс дæр æмæ ныр ни- цыуал бар дары уæлион бæстæм. Мæлæт ыл бар- джынæй йæ гакк æрæвæрдта,—бахус бамыдул йæ- химид: сæнтурс, цикъæ æмбæрзæиы бып ма гæ- зæмæ къуыпп дары. Фæлурсцъæх мæрдон цæсгом ивддзæгтæ кæны цыбырæлвыд сæгъбоцъотимæ. Цæстытæ æнгом, æмырæхгæд—пикуыуал сæ байгом кæпдзæн сæ хицау, хуры цæст, бопы рухс никуыуал фендзысты, бецау! — Дæ-дæ-дæй! Куыд ницы маст, куыд ницы хъыг нæ зыдтай, уæд нæ, æмбойны, цæмæн фæ- лыгъдтæ, мæ сæрыхицау!.. Цæмæн ныууагътай дæ нæргæ хæдзар, дæ бирæ биноиты!.. Дæ-дæ-дæй, æнæ дæу ма куыд хурмæ цæудзыстæм, нæ сæрылхъызой, пæ зондамопæг!.. Æз дæр дæм тагъд зындзынæп, бынат-иу мып æрцæттæ кæц дæ тæккæ фарсмæ!.. Дæ-дæ-дæй!.. Дæ-дæ-дæй!..— хыр-хыргæнаг, фæсус хъæлæсæй даргъ айвæзта йæ хъарæг, къæсхуыртæ, саударæг ус. Уый Бæтæджы зæронд æфсин Музи- ан у: уæлтæрхæг, пыллæг æртыкъахыгыл бады æмæ, дзургæ-дзурын, йæ сæр дыууæрдæм æнкъусы. Иæ сау кæрдæны къабæзтæ райхæлдысты æмæ уыдоп дæр, сæры æмтылд, дыууæрдæм дзедзылой кæнынц, мæллæг, уадултыл сæхи хойынц. Хæрвæвæрд, æгъ- уыз цæстытæ, Бæтæджы дæлфæдтæм æвæрд, дидин- джыты чъинайыл нындзыг сты. Афтæ зыны, цыма зæроид канд йæ лæджы мардыл нæ кæуы, фæлæ йæхи мæлæтыл дæр развæлгъау марой кæны. Цыма æппæт йæ ивгъуыд, йæ моимæ цы бирæ азтæ рацар- дысты, уыдоныл у йæ хъынцъым... Цæджджнпæгты дон рахсидыихъус у. Дыууæ лæгæй Бæтæджы хъулон уæныджы, кæртмæ, цæдж- 219
джинæгтæм æввахсдæр, æрбакодтой, — дыууæ мьг- дадзын цырагъ ссыгътой йæ уæлхъус, ракуывтой æмæ цырæгътæй нывондаджы тæрных ацарыдтой... Хæдзары бæрзонд тыргъы адæм фæйпæрдæм ахæлиу сты — уый Бæтæджы чындзытæ: Ханиффæ æмæ Сæли, иропвæндаггæнгæ, хъуамæ бацæуой сæ хицауы цурмæ, фæстаджы лæггад ын бакæной. Сæлийы зæрдæмæ бæргæ нæ цæуы ацы хабар, æфсон дæр ма сын æрбаймысыд: мæ галиу уæраг, дам, риссы. Стæй, дам, мæ зæрдæ дæр... Иæ дзых ын ахгæдтой, ссыбыртт кæныны бон дæр æй нал фæцис, мæгуыр. Дæ зиапыл, дам, дæхæдæг афтæ æнæмæт кæм дæ, уым, искæмæй цы домыс? Дæ фи- диссаг, дам, Иры дзыхъы иыхъхъæр уыдзæн, къуып- пæн зарæг, дам, дыл скæндзысты. Цы гæнæн ма йыи уыд, сразы Сæли дæр, æнæбары... Чындзытæ зоныгуылæй табæты цурмæ бацыдыс- ты, кæуынц, дзыхыдзаг хъарджытæ нывæндыпц. — Гыцци, бабаитæ æрбацыдысты... — гомгуыбын, бæгъæмвад лæппу адæмы ’хсæпты Сæлийы цурмæ балæст æмæ йын йæ дыс райвæзта. — Ацу, æрбайсæф тагъд мæ цæсты разæй... — басыф-сыф ыл кодта мæстыйæ йæ мад. Се ’рвадæлты лæппутæй йын чидæр йæ габазыл фæхæцыд æмæ йæ сыхаг хатæны смидæг кодта. Ар- дыгæй, дам, дæ къах ма авæр, къæбæда, æндæра, зæгъы, сар дæ сæр кæны! Бартхъирæн æм кодта æмæ рацыд. Саби исдуг кæугæбылæй алæууыд, стæй сынтæ- джы бынæй йæ «хæдтулгæ» раласта æмæ йæ, гуым- гуымгæнгæ, уаты къуымты ратæр-батæр кæны. Ныр æй цал хатты расырдтой абон йæ дадайы цурæй, — йе ’рбадæптыл дæр ма-иу æрхауд æгæрыс- тæмæй, фæлæ Бутузмæ ахæмтæ нымады дæр не сты. Ау, цæуылнæ йæ уадзынц йæ дадайы цурмæ, уый 220
дæр æй бирæ куы уарзта, хуысгæ дæр-иу йæ цуры куы кодта æдзух, уæд? Æцæг дзы фыццаг фæтарст... 0, фæтарст, айфыццаг æй, æнахуыр фæлурсæй тæр- хæгыл уæлгоммæ хуысгæ куы федта, уæд. Ныр дзы нал тæрсы, фæлæ йæ уæддæр уыцы хатæнмæ бацæ- уын нæ уадзынц. Цæмæн, уый рæстмæ нæ ахсы йæ сабизондæй лæппу... Хур арвы бæстастæумæ стылд æмæ йæ зынг тын- тæ уырдыгæй нывæнды. Фыдæзгъæл сфыхт. Хæринаггæнæг — къорийы хуызæн, сырхуадул зæронд лæг, — цуайнагæй дзи- дзайы кæрдих фелвæста, бафутæ йыл кодта. — Ама, фен æй, æгъгъæд ын нæма у? — фыди- •сы цыргъыл æй йæ фарсмæлæууæг хæбузцæсгом нæлгоймагмæ балæвæрдта. — Нæ, нæ, фæлтау дæхæдæг, ды хуыздæр зо- ныс, — сдзырдта уый, кæрдихæй йæ цъæх цæстытæ Унæ иртасгæйæ. — Айс, айс, æз дæр æй фендзынæн... Айста фыдызгъæл. Федтой йæ. Сæ сæртæ ра- зыйы ’нкъуыст бакодтой. — Хорз у, ницыуал æй хъæуы, мæ фыдыстæи,— загъта хæринаггæнæг. — Пау, пау, пау, цы иард, цы хæрзад дзидза у!.. — йе ставд былтæ астæрдта хæбузцæсгом дæр.— Нæ фæлæ ма цæмæ кæсынц, цæуылнæ йæ рахæс- сынц? — æвæццæгæн йæ пыхæстæ æгæр хъæрæй дзырд фесты æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс код- та. Нæй, ничи йæ фехъуыста. — Рахæсдзысты йæ, уæдæ йæ хæдзары дæр кæд- мæ дардзысты. Афон ын у ныр, — йæ сахатмæ æр- каст хæринаггæнæг. Уалынджы йæ, æцæгдæр рахастой: асинтыл хъав- гæ æрхызтысты æмæ æнгузы бын цы саувæлыст тъахтъин æвæрд уыд, ууыл Бæтæджы табæт æруа- гътой. 221
Урсбоцъо, схъæлрихи зæроид, — Бæтæджы фæс- тæ уый уыд мыггаджы хисдæр, — табæты раз ба- лæууыд æмæ бæрзонд, æнæнхъæлæджы тыхджын хъæлæсæй, — уыйбæрц хъару ма та кæцæй уыд йæ фæлахс буары, — райдыдта дзурын цардæмвæли- вæджы хæрзæг хъуыддæгтыл, йе ’хсар, йæ лæджы- хъæдыл. Ранымадта, сæ мыггагæй ма чи фæхъуыд, уыдон хæрзæджыты, ахæццæ суанг сæ фыдæлты- фыдæлтæм. Стæй хæрзбон загъта зæронд Бæтæгæн дæр. Сылгоймæгтæ сæ куыд фæтыхджындæр кодтой. Цыппар лæппуйы, сæ уæхсчыты æмвæз систой Бæ- тæджы сауæхгæд табæт æмæ уæззаукъахдзæф, сæр- гуыбырæй араст сты уæлмæрдтæм. Адæм цадæггай фепкъуыстысты сæ фæдыл. Кæрт равдæлон, ничи- уал дзы аззад, æрмæст-ма, иу-цалдæрæй, фынгтæ æвæрдтой æмæ хæринаггæнæг даргъ æндзарæны бы- рынкъæй арт басхъау-басхъау кодта. Бутуз фæдисау, утæппæт адæмы дзолгъо-мол- гъо æмæ хъарджытæ æваст куы фескъуыдысты, уæд, хæдтулгæ йæ къухы, афтæмæй æддæмæ ра- хызт. Хур цæстыдзагæй каст уалдзыгон дунемæ. Хæ- дзары фæстæ дыргъдонæй хъуыст мæргъты хъæл- дзæг цъыбар-цъыбур, булæмæргъы ивазгæ æхситт. Бутуз йæ мидбылты бахудт æмæ уæлæмæ, бур- бурид хурмæ скаст. Хуры тынтæ уыдысты æхцон, фæлæ судзаг. Саби сæм кæсын нæ бафæрæзта æмæ йæ чысыл цæстытæ сæхигъæдæй æрцъынд сты. Фæ- лæ уæддæр хурæй йæ цæстæнгас нæ аиуварс кодта лæппу, æмæ афтæ, цъынддзаст, худгæбылæй каст хуры бур зиллакмæ... Фæзилæнæй чидæртæ æрбазынд, — уый адæм уæлмæрдæй здæхтысты... Цхинвал
ТÆРХЪУСЫ ÆМБИСОНД (Аргъау) Дидипвэелыст, рæсугъд кæрты цъæх нæууыл хъа- зынц сабитæ: Хазби хуызджын кубиктæй аразы галуан. Марипæ сырх кърандасæй ыыв кæны бæз- джын, урс гæххæттыл. Болат æмæ Заирæ та хъа- зыпц портийæ. Чысыл фалдæр, фæтæнсыф легъуийы аууон, къæ- лæтджыныл бады зæронд Дада æмæ сурдымæн ды- мы. — Зопут цы, — æваст йæ хъазт фæуагъта Заи- рæ, — цомут æмæ уын мæ тæрхъусы лæппын фе- нын кæнон! — Цавæр лæппын?.. — фæдисау сты сабитæ, — мах дын ахæм куынæ зыдтам?! — Цавæр лæппыи, æмæ удæгас! — сæрыстырæй загъта чызг. — Знон мын æй мæ мадыфсымæр хъæу- тæй лæварæн æрхаста! Сывæллæттæ арæх хъуыстой Заирæйæ, йæ мады- фсымæр номдзыд цуанон кæй у, арсимæ дæр æрм- хæсты кæй бацæуы, уый, фæлæ сæ удæгас тæрхъус ничима федта æмæ, цингæнгæйæ, фæраст сты се ’мбалы фæдыл. Кæркдоны дæлбазыр, фæйнæджы гæбæзтæй арæзт, зæхбын чысыл къæсгонды цард тæрхъус. Са- битæ уадид йæ цæрæнуаты алыварс æрбамбырд сты. Къаннæг æфсæнхыз дуарæй йæм сæ цымыдис цæстытæ ныццавтой. Тæрхъусы лæппын, сывæллæтты ауынгæйæ, къа- бускайы сыфтæ хæрын фæуагъта, иу къуымы æрны- гъуылд æмæ фыртæсæй æмризæджы рызт. — Уæртæ-ма, уæртæ, цæййас хъустæ йын ис?1 — Иæ цæстытæ та кæд сты зылын!.. 223
— Æмæ йын уæд къæдзил та цæуылнæ ис?.. — афарста Хазби дæр Заирæйы. — Æмæ гъа, иицы йын зонын... — йæхи бакъул- тæ кодта чысыл чызг, —цомут æмæ Дадайы бафæр- сæм!.. — Цомут, цомут!.. — сразы сты сабитæ æмæ, гæппытæгæнгæ, зæронд Дадайы уæлхъус балæууы- дысты. — Дада, дада! — фæрсынц æй æмдзыхæй, — уæ тæрхъус зылындзæст цæмæн у?.. — Æмæ йын къæдзил та цæуылнæ ис?.. — Науæд æй ахæм стыр хъустæ цæмæн хъæ- уынц?.. — суынгæг кодтой зæронд Дадайы фæйнæ- рдыгæй. Дада йæ мидбылты бахудт æмæ йæ халас рихи- тæ адаудта: — Ау, æмæ уын тæрхъусы æмбисонд никуыма радзырдтон?.. — Никуыма, никуыма, Дада! Радзур нын æй!..— ног аргъау фехъусыны ныфсæй, æрхъæцмæ нал лæу- уыдысты сабитæ. — Хорз, мæ чысыл хуртæ, хорз. Кæд уæ хисдæр- ты коммæ, нырыонгау, дзæбæх кæсдзыстут æмæ къæбæда митæ ыæ кæндзыстут, уæд уып уыцы ар- гъау дæр ракæндзынæн... — Кæсдзыстæм æппæтæй дæр нæ хисдæрты ком- мæ, Дада!.. — æмхъæлæсæй баныфсæвæрдтой саби- тæ. Дада йæ сурдымæны кæхцы тамако ’æрнадта, зынг ыл бафтыдта, бахуыфыд æмæ фæздæджы бæз- джын фæлгуыр иуварсмæ рафу кæнгæйæ, райдыдта аргъау кæнын... ...Уый раджы уыд, мæ чысыл хуртæ, тынг ра- джы. Сырдтæ ма кæрæдзи ныхас куы ’мбæрстой, æнæхъаугъа, æмуд-æмзондæй куы цардысты, раст уыцы рагзаманы... 224
Уæд дып иуфæлтæр, зылынкъах арс зæххы куыст кæцын æрæмысыд. Загъта, цæй æз дæр мæхицæн цæхæрадон саразон æмæ дзы зымæгваг халсар æр- кæнои, — искæмæй курыны сæр мæ куыд нæуал хъæуа! Загъта æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодта... Мит куыддæр æртад, афтæ хъæды астæу иу æр- дузгонд бахуым кодта æмæ дзы къабуска æмæ уырыдзы байтыдта. Рагуалдзæг уыд. Хуры фæлмæн тынтæм зæххы салд риу бахъарм. Æрдз райхъал йæ зымæгон тарф фынæйæ, базмæлыд æмæ йæ мадард буар цадæггай рæсугъд цъæхвæлыстæй æвдисын райдыдта. Арсы цæхæрадон дæр цъæх-цъæхидæй разынд: къабускайæ, уырыдзыйæ ’уыцы хъал æвзар схас- той. Арс, мæгуыр, æхсæв-бон пал зыдта, халгай сæ рывта, донхæр сæ кодта, — ныццауд, пыммæллæг фыргуыстæй, бецау. Раздæры схъæлдзырд, цæхæр- цæст Æрсæбегæй йæм ницыуал баззад, фæлæ уæд- дæр йæ зæрдæ нæ саста: «Ницы кæны, кæд ныр стыр куысты дæн, — дзырдта иу йæхицæн, — уæд- дæр, уый хыгъдмæ æгас зымæг сырх уырыдзы хæр- дзынæн!..» Фæцис хурджын сæрд æмæ ралæууыд нæртон, сойдзаст æрæгвæззæг. Тугыл аскъуыд, тугыл, куыст- уарзаг арсы цæхæрадон! Йæ къабускатæ, раст къутуйыйæстæ пыззыл- дысты, сырх уырыдзы æрмæринæй фæдаргъдæр. Æрсæбег фырцинæй зæххыл нал хæцыд. Æрвылбон нымадта йе ’фтийæгтæ æмæ сæ йæ зæрдæ, развæл- гъау, рухс кодта. Æгæрыстæмæй-ма, йæ лæгæты фарсмæ уæлæмхас æфтауцдон дæр æрцарæзта йе стыр тыллæгæн!.. Цæмæй зыдта, мæгуыр, æмæ... Иу изæр дын, арс йæ цæхæрадон куы донхæр кодта, уæд, тæрхъус, гæппытæгæнгæ йæ рæзты æр- уад. Арсы ауынгæйæ, æваст йæ мидбынаты фæлæу- уыд, стæй йæм йæхи æввахс-æввахс баласта. 15. Тедеты Р. 225
— Де зæртæ хорз, Æрсæбег, æмæ фарн уæд дæ куысты!.. —Бузныг, Тæрхъусыхъо, хъæлдзæгæй мын цæр!— йæ астæу сраст кодта арс æмæ тæрхъусмæ бакаст.— Æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ, мæ хорз сыхаг? — Иед у... бæргæ дæм мæ цæсгом нæ хъæцы, фæлæ... Райсомсарæй мæ гуыбынæй мæлын. Дæ фарн бирæ, фæлæ мæ не ’фсин дæумæ сардыдта: къабускъа, дам, ын хорз хоныиц, æмæ...—йæ тæн- тыл хæцгæйæ, йæхи бакъултæ кодта Тæрхъусыхъо. Арс, кæд уæдмæ никуы фехъуыста къабускайы уыцы хæрзиуæгон миниуæг, уæддæр æй, зæрдæ- хæлар уæвгæйæ, нæ фæндыд тæрхъусы фæхъыг кæ- нын æмæ йæ мидбылты бахудт: — Табуафси, мæ чысыл хæлар, гайтма дæ мæ сæр истæмæн бахъуыд. Бацу равзар дæхæдæг кæ- цыдæриддæр къабуска дæ хъæуы уый æмæ йæ ахæсс! Тæрхъус иу гæппæп, къабускаты хуымы смидæг. Уадид дзы æппæты стырдæр къабускайы сæрæн йæ рæбын ахсыдта, йе ’ккой йæ акодта æмæ цин- гæнгæ сæхимæ фæцæуæг. «Ау, ныртæккæ дæр ма йæ гуыбынæй куы хъæр- зыдта, уæд куыд тагъд адзæбæх, — йæ гæппыл цæст куынæ хæцы?!»—тæрхъусы фæдыл кæсгæйæ ахъуы- ды кодта арс, фæлæ дзургæ ницы скодта—йæ куыс- тагыл та багуыбыр. Дыккаг бон, суанг изæрмæ, арс йæ кауæмбонд цалцæг кодта. Раст дыууæизæрастæу уыдаид, афтæ та тæрхъус йæ рæзты рабæлццон. Ныр уæндондæрæй бараст арсы цурмæ æмæ йæм бадзырдта: —Нæ фæлæ, дæ къабуска диссаджы хæрзад ра- зынд, мæ сыхаг! Ехх, уымæй ма, æрмæст иунæг хатт фæхъæстæ у стæй... — йæ чысыл. дзæмбы, куыд- 226
фæндыйау, атылдта æмæ арсмæ тæригъæддаджы каст бакодта. Арс фембæрста тæрхъусы домæн, бамбæрста, знон дæр æй сайгæ кæй фæкодта уый, æмæ рамæс- ты. — Хорз, Тæрхъусыхъо, фæлæ хæрзад къабуска- тæ сæхигъæдæй кæй не ’рзайынц, уый нæ зоныс? Кусын сæ хъæуы, кусып, мæ хæлары къуындзих æмæ ды та сæрддоп-сæрддæргъы, дзæгъæл рæстæг- сафæн кодтай!.. — загъта йын тызмæгæй æмæ йæм йæ чъылдым фездæхта. Тæрхъус дзы ахæм цæхгæр дзуапп æнхъæл пæ уыд æмæ куыддæр фæныхкъуырд. Исдуг хъыпп- сыпп нал схаудта йæ дзыхæй, стæй фæстæмæ фæ- зылд æмæ, гуым-гуымгæнгæ, сæхимæ фæраст. «Багъæц, æз мæ фыдæн фыртæн ма бæззон, дæ- уæн аккаг митæ куынæ бакæнон, уæд!..» — барт- хъирæц кодта, æрæджийау, æмæ дæрддзæфæй, арс- ырдæм йæ чысыл дзæмбы батылдта. Дыккаг райсом, куыддæр æрбабон, афтæ та арс, æрвылхаттау, къæпи йе уæхскыл баппæрста æмæ цæхæрадонмæ рараст. Фæлæ ацы хатт, каудуарæй куыд бахызт, афтæ сагъдауæй аззад йæ мидбынаты: уый цытæ уынынц йæ цæстытæ!.. Æбуалгъы, æнæ- рцæугæ диссаг!.. Чидæр ын йæ къабускатæй цал- дæр сæры, æмæ уырыдзытæй дæр иудзæвгар, æх- сæвы адавта!.. Хъыгаг куыднæ уыд Æрсæб-егæн уыцы хабар, фæлæ цы бакодтаид? Йæ зæрдæ тæрхъусмæ бæр- гæ æхсайдта, фæлæ ацу æмæ ды, афтид зæрдæхсай- дæй ахæм хъуыддаг искæуыл сæвæр! «Ницы кæны, уыцы чысыл къахыр мæ цæхæра- доныл зынгæ дæр нæ фæкæндзæн!» — кæд ын тынг зын уыд, уæддæр ныфсæвæрæн акодта йæхицæн æмæ къæпи йе уæхскæй æриста... Фæлæ та дыккаг райсоммæ уыцы æнæгьдау бакæнд ногæй куы сфæл- 227
хаттчыпди, ноджы стырдæр зиæнттæ куы баййæфта йæ цæхæрадон, уæд хорзау иал уыд зæронд Æрсæ- бег. «Афтæмæй, цалдæр бонмæ, гæныстон бауыдзæн мæ афæдзы куыст!», — фырмæстæй тъæппытæ хауд- та арсы зæрдæ, ау, уый та куыд? Мæ куыст, мæ ис- вæллой мын исчи æвæлмонæй йæхи куыд хъуамæ бакæна?! Нæ, ацы хабæрттæн афтæмæй ныууадзæп нæй! Ахсæв мæхæдæг ныллæудзынæн хъарагъул æмæ мын уæд сар йæ сæр кæны уыцы æввонгхор дзæгъæлдзуйæн!..» — аскъуыддзаг кодта фидарæй æмæ уыцы изæр лæгæтмæ нал сыздæхт. Æхсæв цадæггай йæ сау базыртæ зæххыл æр- уагъта. Арвы тарцъæх риуыл, æвзист тыччытау, апырх сты стъалытæ æмæ сæ цæхæр цæстытæ, хин- хуызæй арсмæ ныкъуылдтой. Мæйы æхсырфæг дæр, тæнмигъты ’хсæнты, ныгъуылдтытæгæнгæ, йæ фæ- лурс тынтæ рæдауæй нывæзта зæхмæ. Арс, иудзæвгар, цæхæрадоны бæстастæу аууон- дар-халагъуды къæсæрыл фæдзой-дзой кодта, стæй къулæнцой йæхи æруагъта æмæ, куыстфæллад уæв- гæйæ, уадид афынæй. Афынæй æмæ, суанг хурыс- кастмæ йæ къах дæр нал атылдта сæппой Æрсæ- бег! Райсомæй, куыддæр сæуæхсиды тынтæ йæ цæс- тытыл сныдзæвдысты, афтæ фехъал, йæ алыварс аракæс-’Оакæс кодта æмæ фæсонт: ’цæхæрадоцы дзæвгар хай, раст ыл цыма, кæлæиы сæрдасæн ра- сæрфтæуыд, уыйау уыд лæгуыи æмæ дæвдæг, — æхсæвы йæ фæхастæуыд!.. — Уæууа, уый мын мæ артыл дон куы ауагъдæ- уыд! Мæпæ хæдзархæлд куы ’рбадæп æмбойны!..— йæ хъæлæсыдзаг ныббогъ-богъ ласта арс æмæ тым- бьглкъухæй балæууыд йæ сæрыл. Стæй бавдæлд æмæ йæ зиæнттæ хынцыныл схæ- цыд. Иæ цæссыгтæ, цыхцырджытау, згъордтой йæ 228
хъуынджын уадултыл, зæрдæ фырмæстæй ныддæн- гæл, — йæ афæдзгуыст: знон дæр ма хъалзæнг, мы- даджджын уырыдзыты æмæ къабускаты афтид бы- наеттæ нымайгæйæ, — фæлæ йын цы кæнгæ уыд? Æнæ бæлвырд аххосаг, æпæ исты быпдурæй кæмæ лæбурдтаид, кæуыл сæвæрдтаид йе стыр зиæнттæ? «Ехх, ныр, мæ цонг хаудæй дæр, уыцы гауырмæ искæцæй баххæсс!.. А-лæппу йæ фæрсксæстытæ бæр- гæ фæкæнид: йæ цард-цæрæнбонты искæй мулкмæ фæрсмæ дæр куыд никуыуал фæкæса!..» — æдзæл- гъæды æртхъирæитæй йæ масты тыппыртæ уагъта сæппой. Æмæ чизопы кæдмæ афтæ хъынцъым кодтаид Æрсæбег, йæ хъустыл æваст цæйдæр къæрцц куы- нæ ауадаид, уæд. Фæкаст æмæ уæртæ — тæрхъус! йе уæхскыл даргъхæтæлджын бирæгъмарæн топп, афтæмæй лæууы каугæрон! — Дæ райсом хорз, Æрсæбег!.. Цы дæм рауад, ацы хатт мæм, цыдæр дæ чемыл куынæ зыпыс?.. ?.. — Зæгъын, цæуылдæр мæсты дæ... — Æмæ мæсты куыд нæ уон, мæ сыхаг, — æр- чъицыдта арс. — Акæс-ма, чидæр мæ æмæхсæвы куыд бацарæфтыд кодта... — йæ цæстытæ, джигул- гæцæгау, тæрхъусы мукъутыл аразгъор-базгъор код- той, фæлæ йыл дис æмæ хъынцъымдзинады ны- сæпттæй дарддæр иицы рахатыд. «Æвæццæгæн æндæр чидæр уыд мæ сафæг. Тæрхъус афтæ пæ бакодтаид». — Ахъуыды кодта арс æмæ арф ныуулæфыд. — Ау, æмæ дын ахæм фыдми кæй цæст бауарзта? Чи дæм бахаста йæ ныфс?! — тæрхъус кауы сæрты æрбасæррæтт ласта æмæ йæ цæстытæ, цымыдисæй, цæхæрадоиы къуымты ныйивæзтытæ сты. — Уый дыл, æцæг, стыр зиæиттæ куы ’рцыд, мæ сыхаг, 229
стыр!.. — тæригъæдгæнæджы тылд бакодта йæ сæр æмæ арсмæ бакаст. — Ехх, мæ удыбонтæй, уыцы æнаккагыл исты- хуызы куы рахæст уаин — цъырцъырагау æй ме ’ртты бæргæ бацъцъист ласин!.. — арс йæ хъуын- джып дзæмбытæ кæрæдзийыл сæртæг æрхоста æмæ фырмæстæй ныррыхыд. Тæрхъус фестъæлфыд. Цæмæндæр фæстæмæ) акъахдзæф кодта æмæ кауырдæм фæкæс-фæкæс- гæнгæйæ, йæ рихиты бын багуым-гуым кодта: — О, уымæй иттæг раст зæгъыс, цытджын Æр- сæбег. Дæ къæрных, æцæгæйдæр, карз æфхæрд хъуамæ æрцæуа, цæмæй иннæ æхсæвдзуатæн дæр зопд-зонæц уа. Кæннæуæд, а-фæстаг рæстæджы, æгæр сбирæ сты æмæ сын бынтондæр арт æмæ фæ- нык нал ис. Хъуамæ сын æнауæрдон тох расидæм æмæ скуынæг кæнæм хуыснæджыты! Æз мæхæдæг ныртæккæ, Хъæдгæрон Стыр дыргъдопмæ цæуын: фехъуыстон, цавæрдæр къæрныхтæ, дам, æм фæца- хуыр æмæ дзы хъарагъулæй хъуамæ ныллæууон! А-лæппу сын, дыууæ бонмæ, сæ мыггаг бæргæ сыс- къуындзæнис! — тæрхъус йе уæхскæй топп æриста æмæ йын йæ сампал, уыцы ракæнопгъуызæй скъы- бар-къыбур кодта. Арсы мæтвæллад цæстыты цавæрдæр ныфсы тæлмæн фегуырд. Тæрхъусмæ йæхи æввахсдæр ба- ласта æмæ йын зæгъы: — Тæрхъусыхъо, мæ хорз сыхаг, уырдæм ма цæ- мæн хъиамæт кæныс? Кæд дæхицæй ахæм зæрдæ- джын дæ æмæ дæ ныфс хæссыс, уæд, табуафси, ныллæу мæ цæхæрадон хъахъхъæнæгæй æмæ, зæх- хыардыстæн, дæ хъыджы ницæмæй бацæудзынæн. — Нæ, нæ, мæнæн мæ фæнд конд у. Стыр дыргъ- донмæ цæуын æхсæвгæсæй... — йæ цинæвдылд цæс- тыт& даргъ тъыфылты бын амбæхста тæрхъус. — Дæ хуыцаумæ скæс, зынаргъ Тæрхъусыхъо! 230
Кæд ма дæ иу чысыл сыхаджы ’фсæрм ис, уæд мын «дыууæ» ма зæгъ мæ куырдиатыл æмæ дæ стæй æз дæр мæхи нæ бамбæхсдзынæн. Æнæ де ’ххуыс, мæ- хæдæг иунæгæй ницы сарæхсдзыпæн æмæ æвæлмой- наджы фос бауыдзæн мæ исвæллой къæрныхтæн. Бирæ рæстæг дæ нæ батыхсын кæндзынæн, мæ хæ- лар: иннæ къуыри йын йæ тыллæг хъуамæ æрæфс- найон... Тæрхъус ма æфсоны «нæтæ» акодта æмæ стæй сразы арсы куырдиатыл. Бадзырдтой тыллæджы дыууадæсæм хайыл. Ома йын гъе уыйас хъуамæ бафыстаид арс æхсæвгæсы мыздмæ. Æрсæбег йæхимид цинæй мард, хъахъхъæнæг ахæм аслам аргъыл кæй ссардта, уый адыл. Цæ- мæй зыдта æмæ тæрхъусы зæрдæйы цы сау фæнд- тæ уыд... Уыцы ’хсæв тæрхъус баззад æхсæвгæсæй, цæхæ- радоны хицау та, зæрдæрай-æвæлмасæй сыздæхт йæ лæгæтмæ. Дыккаг райсом арс къуырибалцы фæцыд фæс- хох, йе стыр мадыфсымæрмæ, рыпчынфæрсæг. Йæ хъуыдыйы уыд, суанг тыллæгæфснайæитæм уым баззайын, фæлæ йæ пæ зæрдæ пал бахаста æмæ йæ ацыды бонæй цыппæрæм изæр фæстæмæ æрæз- дæхт. Уыцы ’хсæв ма цы, фæлæ райсомæй куыд- дæр æрбабон афтæ, йæ цæхæрæдонмæ араст бæ» рæггæнæг. Уыд фæззыгон рæсугъд райсом. Тæмæнкалгæ хур, æфсæрмдзастыг ног чындзау, скæсæйнаг хох- рæхысы аууонæй, йæ сырх уадул гæзæмæ сдардта æмæ йæ фæлмæн тынтæй алфæмблай пыррухс. Хъæд йæ тæркфынæйæ райхъал, базмæлыд. Мæргъ- тæ, хурыскастыл æмбæлгæйæ, алыгъуызоп хъæлæс- тæй суасыдысты. Хъæлдзæг æмæ райгонд уыд арсы зæрдæ дæр. Йæ къæхтæ йæ сæхигъæдæй скъæфтой цæхæрадо- 231
нырдæм æмæ уадид бынатмæ бахæццæ.: хъарагъул- допы хъæмпынсæр æм дзедæрæджы къутæртьР’хсае- нæй разынд æмæ уæд, йæ къахдзæфыл ноджы къах- дзæф бафтыдта Æрсæбег. Каудуарæй мидæмæ куыд фæцæйхызт сæппой, афтæ йæ хъустыл цавæрдæр зарæджы зæлтæ ауа- дысты, æмæ фырдисæй, йæ мидбынаты цавддурау бандзыг. Ай-гъайдæр, æнахуыр æмæ æвирхъау уыдысгы зарæджы ныхæстæ: «Уæ-ри-ра, мæ уой-ри-рæ!.. Сау арс, уадз мæ куса бирæ. Æз æиæкусгæ куы цæрып, Къабуска мæ фаг куы хæрын!..» Хъæлæс, æнæмæнгдæр, тæрхъусы уыд. Арсæп фырдис, фырмæстæй йæ цæстытæ галы къæлæты- йæстæ аисты. Цавæрдæр æвиллон разæпкъарæнтæ йып йæ зæрдæ æрбалвæстой. Скæсæнырдыгæй рог уддзæф æрбаулæфыд æмæ та йæ рог базыртыл арсæн ног зæрдæмарæи иыхæс- тæ æрбаскъæфта: «Уо-ри ра, мæ уæ-ри-ра!.. Райсомсарæй бадын иуран. Сау арс сау куыстыл фæлтæрд у: Кусын вæллайгæ-йæ хæс у!.. Хъарагъул лæууын æфсонæн — Нæй кæрон мæ хин, мæ зоидæн. Къæрных кæд уыдтæн мæхæдæг, Гъе, уæддæр мæ иæй æфхæрæг'.. Дарддæр нал бафæрæзта арс тæрхъусы æдзæс- гом пыхæстæм хъусын æмæ, фæтæнæгуæвæг къа- 232
буска æмæ уырыдзыты хуымты афсæрста йæ къæр- ныхæр^æм. Иæ зæрды уыд тæрхъусы, уыцы иу фæ- лæбурдæн, лыстæг скъуыдтæ акæнын, фæлæ æваст цыдæр фæхъуыды кодта. Хъарагъулдоны аууæтты, сусæгæй æввахс-æввахс бахъуызыд æмæ агъуысты дæлбазырæй аивæй бакаст. Тæрхъус, йæ иу къах — иынæйыл баппаргæйæ, æнцад-æнцойæ хуыссыд хъарагъулдоны къæсæргæ- рон цъæх нæууыл æмæ, хæрдæлгъæдæй, уырыдзы йы хъапп æнæбары æхсынæгау кодта Йæ алы- варс — уырыдзы æмæ къабускайы хæрæптæ. Йæ тæккæ раз, залмы сыфыл — æвзæрст уырыдзыты кæри. — Ехх, цымæ зæххы къорийыл куы фæзилай. уæддæр дзы мах Æрсæбегæй æдылыдæр ссардæ- уид?! Иæ цæхæрадон ын æмæхсæвы фæхастон* уый- та мæ ноджы хъарагъулæй баурæдта! Уый дын æф- хæрд, гъе!.. Хи-хи-хи!.. — æпæуаг худт бакодта тæр- хъус æмæ хурмæ йе ставд хъози дæндæгтæ ферт- тывтой. Арсæн фырмæстæй йæ зæрдæ фæцæйтыдта. Изс хъуынджын дзæмбытыл ризæг бахæцыд, фæлæ уæд- дæр йæ масты рохтыл ныххæцыд. Тæрхъус, йæ фарсмæ æвæрд уырыдзыгæй иу сис- та. Иæ цыргъ дæндæгтæй дзы акъæмс кодта, стæй йæ даргъ, пух къæдзилы кæронæй йе ставд былтаз едаудта æмæ та базарыд: «Уо-ри-ра, мæ уæ-ри рæ!.. Цæй, цы ма йыл дзурон бирæ: Арс — йæ чысылæй æнæзонд, Рафтыд фыдгуысты иæ зæропд! .» Æнæрцæф Æрсæбег пал бабыхста дарддæр. Уы- цы иу гæппæн, йе знаджы цур февзæрд, фæстаг дзæмбыйæ тæрхъусы даргъ æмæ пух къæдзилыл 233 -
ныллæууыд, раззæгтæй йын йæ хъустæ рацахста æмæ йæ, скъуынæгау, сивæзта уæлæмæ. — Мæ цæхæрадои мын фæдавтай, джауыр, æмæ ма мын ноджы фидистæ.дæр кæныс!.. Багъæц, æз дын дæ фарсæй фæкæндзынæн дæ хуыснæггаг!..— богъ-богъ кодта арс йæ хъæлæсыдзаг æмæ тых- джынæй-тыхджындæр ивæзта тæрхъусы йæ хъус- тæй. — Уæууа!.. Ма мæ амар! Мæ уд мын ма аскъуын, Æрсæбег, æз дæ мад, дæ фыды уазæг!.. Фæрæдыд- тæн!.. — хъыллист ма кодта тæрхъус фырдис, фыр æргъуыйауæй. — Нæ, нæ, мæ лымæн, афтæмæй дын нал у! Мæ къухты бафтыдтæ æмæ дæ ныр æвыдæй нал ауадз- дзынæн! Ме ’ппæт мæстытæ дæр дæ хъуамæ си- соп!..— иыррыхыд та арс æмæ тæрхъусы хъустæ хæрдмæ сриуыгъта. Раст, æнхъызт хыссæйы тулатау, айвæзтысты йæ чысыл хъустæ æмæ йын, уадид уыдисныйы дæр- гъæитæ аисты. — Уæууа, амардтай мæ!.. Дæ-дæ-дæй!.. Мæ ас- тæуыстæг мын аскъуыдтай, æнæхуыцау!.. — нырди- аг ласта тæрхъус æмæ фæуадзыг. Цавæрдæр къæрцц ауад Æрсæбеджы хъустыл æмæ йæ уæлвæд тæрхъус ауыгъдауæй аззад арсы дзæмбыты. «Æвæццæгæн, æцæгдæр, астæусаст фæкодтон, ацы æнаккаджы!..» — ныффæсмон кодта арс йæхи- мид æмæ тæрхъусы суагъта. Хуыспæг, куыддæр зæххыл сæмбæлд, афтæ æр- чъицыдта иуварс асæррæтт ласта, æмæ цыппæрва- дыгæй хъæдырдæм ныййарц. Арс, уый ауынгæйæ, фергъуыйау. Ау, тæрхъусы, мардæихъæл куы суæгъд кодта, уæд ма йын куыд алыгъд? «Мæ цæстытыл кæд исты уайы!..» — ныттылдта '234
йæ хъуынджып сæр адæргæй, фæлæ æваст йæ къæх- ты бынмæ фемдзаст æмæ æппæт дæр бамбæрста,— йæ фæстаг дзæмбыйы бын уыд... тæрхъус афтæ буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы пух æмæ даргъ къæдзил!.. Раст ын йæ тæккæ рæбыныл фескъуыд, мæгуырæг!.. Æмæ къæрцц дæр уæдæ уый къæрцц фæцыд... Рамæсты арс, — афтæ уæлæнгæйтты дзы кæй аирвæзт йе знаг, — æмæ ма йæ мид-бынаты асæпп- сæпп кодта, тæрхъусы тæрсын кæнынæн. — Етт, уæртæ гуыбындзæл!.. Уым ма мын иу- •чысыл фæлæуу, æмæ дæ æз ныртæккæ, апискъуыл- тæ кæнон!.. Тæрхъус арвмæ фæхауд арсы фæхъæрæй. Лидз- тæ-лидзын ма иу каст фæкодта фæстæмæ, æмæ... йæ хъоппæг цæстытæ, фыртæсæй, фæзылынтæ сты... Уæдæй фæстæмæ тæрхъус зылындзаст, даргъ- хъус æмæ цыбырдымæй баззад. Арс та зæххы куыс- тыл, цæрæнбонтæм йæ къух систа. Уыдон æрцыдмæ, хъæлдзæг æмæ æнæнизæй фæ- цæрут, мæ чысыл хуртæ!..— Зæронд Дада йæ аргъау конд фæци. Иæ лулæ- йы æртхутæг цымлæдзæджы фарсыл ацагъта æмæ •сурдымæн бафснайдта йæ дзыппы. Сабитæ исдуг ницы сдзырдтой, стæй Хазби йæ •’бынатæй фæгæпп ласта: — Афтæ йын хъуыд уыцы æвзæрæп! Гæды- йы къах цыбыр у. Тынг раст бакодта арс, афтæ йын хъуыд!.. — Нæ, æгæр карз æй бафхæрдта Æрсæбег. Тæ- ригъæд уыд, уæддæр... — тæрхъусы ’вварс рахæ- цыд Заирæ. Сабитæ дыууæ къордыл фæдих сты: чи сæ тæр- хъусы ’вварс хæцыд, чи та — арсы. Æппынфæстаг, зæронд Дадайы бафарстой, фæ- 235
лæ Дада йæ халас рихиты быи, бахудт æмæ сын дзуапп нæ радта... — Сымах та куыд хъуыды кæнут, нанайы чысыл хуртæ, чи сæ уыд аххосджын тæрхъус æви Æрсæ- бег?..
чиныджы ис Ивгъуыдмæ нæй раздæхæн 3 Хъуыды ма кæныс? 9 •Балладæ ивгъуыд æвзонгадыл 19 Æнæхицау 26 Уæйгæнæг 36 Квишхетаг Тапло 50 Аивгъуыдта уæ дуг 61 Урс балтæ 71 «Ды мæ лæппу дæ» . 81 Фыццаг бынат 92 Царды закъон 96 Фыццаг цæссыгтæ 106 «Æртæмæйон æфсад» 112 Хæст раджы фæцис 124 Дыууæ хойы ^ 147 Данкойы зæрдæ (фантастикон радзырд) 157 Стъалытæх «Икарты» бабып (фантастикон радзырд) . . 176 Фынфæливæнтæ (фантастикон радзырд) 188 Уарзты дзымандытæ 194 Фембæлд 198 Майданы дыууæ фарсы 204 Удивæнтæ 217 Тæрхъусы æмбисонд (аргъау) 223
Тедеты Руслан Аполлонович ИЗМЕНЧИВЫЕ СНЫ (рассказы па осетинском языкс) озбс?о&б<5о ьоъэйо&о
Редакгор С. В. МИНДИАШВИЛИ Художник Н. С ИКОЕВ Художественный редактор А. Д. ВАНЕЕВ Технический редактор А. И. НАНИЕВА Корректор Л. П. ДЗАГОЕВА Сдано в набор 11. 11. 86. Подписано в печать 3. 03. 87 г. Формат бумаги 70х1007з2. Усл. печ. л. 9,83. Усл. кр.-отт. 10. Уч.-изд. л. 9,42. ЭТ 00204. Заказ типографии № 2465. Тираж 2000 экз. Цена 90 коп. Издательство «Ирыстон», 383570, г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производствен- ное объединение Госкомиздата ГССР, 383570, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.