Текст
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1960


„ЗОЛОТОЙ КОНЬ" Китайские сказки В переводе на осетинский язык Мамиевой Н. К. Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1960
ДЗÆНГÆРÆГ ы искуы Китайы сæйраг горæт Пекины уыдтæ? Уыдтæ, зæгъыс, нæ? Уæдæ горæ- ты кæрон цы стыр дзæнгæрæг ауыгъд ис, уый æнæ фенгæ нæ фæуыдаис, йæ рæсугьддзинадмæ йын дæ фаг фæкастаис, уæдæ тæмæнтæ куыд калы, ууыл дæр фæдис кодтаис. Уыцы диссаджы дзæнгæрæг чи скодта, зæгъгæ, куы бафæрсай, уæд ын йæ ном нæдæр зæронд чингуыты ссардзынæ, нæдæр рагон къухфыстыты. Стæй дзæнгæрæджы зæлтæ, суадоны доны сæр-сæрау рæвдаугæ, фæлмæн зæлтæ, æвиппайды тасуадзæг цæмæн свæййынц, уымæн дæр чин- гуытæй базонæн нæй. Чингуыты уыдæтты тыххæй ницы фыст ис, фæлæ зæронд адæм зонынц, уыцы стыр диссаджы дзæнгæрæг чи сарæзта, уый; стæй, куы сындæг æмæ фæлмæнæй цæмæн фæзыланг кæны, куы та тызмæг æмæ хъæрæй, уый дæр. Байхъусут уæдæ: Бирæ сæдæ азты размæ Китайы паддзах дзырд радта ног горæт саразыны тыххæй. 3
— Æз æй схондзынæн Пекин, — загъта паддзах, — æмæ хъуамæ уа Азийы бæстæты горæттæй се 'ппæтæй стырдæр æмæ рæсугъддæр. Фæлæ хъуыддаг, паддзах куыд загъта, афтæ нæ рауа- ди. Дыууæ хатты сарæзтой адæм цытджыи горæт Пекины, фæлæ йæ дыууæ хатты дæр знæгтæ ныппырх кодтой. Знæгтæ- иу мæтыхты хуызæн æрбатэхтысты Китайы зæхмæ, æмæ-иу нæлгоймæгты цагъайрæгтæн атардтой сæхимæ, горæттæ та- иу судзгæ бакодтой. Уæд паддзах араст и дард хæхтæм, уым бирæ азты дæр- гъы иунæгæй царди иу зонынджын зæронд лæг. Паддзах ба- цыди лæгæтмæ æмæ сæрныллæгæй загъта: — Ды зæронд æмæ зонынджын дæ, бирæ федтай, бирæ зоныс; зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, нæ бæстæйы сæйраг горæт Пекины саразыны тыххæй мæ цы бакæнын хъæуы? Стæй йæ æгъатыр знæгтæй куыд бахъахъхъæнон? Æмæ йын зæронд лæг загъта: Китайы мидæг къухæй дæсныдæр чи у, ахæм лæджы стар, уымæн саразын кæн, дунейыл чи нæма уыд, ахæм дзæнгæрæг. Йæ зыланг хъуамæ хæццæ кæна дæ бæстæйы арæнтæм алырдæмдæр: хуссар æмæ цæгатмæ, скæсæн æмæ ныгуылæнмæ. Æрыздæхти паддзах йæ галуанмæ. йæ къухтæ кæрæдзи- уыл æртæ хатты æрцавта æмæ йæ дæлдæртæн дзырд радта: — Ссарут мын, къухæй се 'ппæтæй дæсныдæр чи у а, ахæм лæджы æмæ йæ ардæм æрбакæнут! Паддзахы фæсдзæуинтæ бæстæйы алы къуымты агу- рынтæ байдыдтой, æмæ мæйы кæронмæ паддзахмæ æрба- кодтой иу лæджы. Уымæй дæсныдæр сæ зæххыл къухæй ни- чи уыд. йæ ном хуынди Чэнь. Чэнь паддзахы къæлæтджыны раз йæ зонгуытыл куы æрлæууыд, уæд ын паддзах загъта: — Ды хъуамæ саразай, ныронг чи нæма уыд, ахæм стыр дзæнгæрæг, йæ зыланг ме 'стыр бæстæйы арæнтæм куыд хæццæ кæна. Чэнь бавнæлдта кусынмæ. Æппындæр йæхиуыл нæ 4
ауæрста, афтæмæй æхсæвæй-бонæй куыста æмæ куыста. Йæ фынддæсаздзыд чызг — рæсугъд Сяо Лин дæр ма йын æх- хуыс кодта. Уый дзæнгæрæгæн æвзæрста сызгъæринæн йæ бурдæр, æвзистæн йæ урсдæр æмæ æфсæйнагæн йæ саудæр. Бирæ бонтæ æмæ æхсæвтæ фæфыхтысты уыдон иумæ судзгæ пецы. Уалынмæ æрхæццæ цины бон, æмæ Чэнь дзæн- гæрæг джиппы рауагъта. Фæлæ йæм куы 'ркастысты, уæд йæ уæлцъар разынди фазт. Чэнь та бавнæлдта дзæнгæрæг ногæй аразынмæ. Ацы хатт дæр та йын æххуыс кодта йæ куыстуарзаг чызг. Фæлæ, æвæццæгæн, мæгуырæй амонд дардмæ лидзы. Чэнь та дзæнгæрæг джиппы куы рауагъта, уæд дзы разынди дыууæ скъуыды. Уæд паддзах смæсты ис æмæ загъта: — Æртыккаг хатт дæр ма дын куы нæ фæрæстмæ уа, уæд-иу дæ сæры къуыдырæн хæрзбон зæгъ! Цы гæнæн уыд мæгуыр Чэнæн! Ногæй та балæууыд ку- сыныл. Фæлæ йæ цæстытæ цины æрттывд нал кодтой, йæ къухты тых нал уыди. Куыстæй та адæймагæн йæ зæрдæ куы нæ рухс кæна, уæд хорзæй никуы ницы бакæндзæн. Æрæнкъард ис рæсугъд Сяо Лин дæр, æмæ æхсæвы иу- уылдæр куы бафынæй сты, уæд фырадæргæй, уый размæ паддзах цы зонынджын зæронд лæджы бафарста, уымæ ацыд. Чызг кæугæйæ зæронд лæгæн фæдзырдта йæ хабæрт- тæ, куырдта дзы, цæмæй йын баххуыс кæна æмæ сæ раст зондыл сараза. Зæронд лæг иуцъусдуг хъуыдыты афардæг, стæй загъта: — Дзæнгæрæджы зыланг хъуамæ райгуырын кæна уæ- лахиздзинад. Ахæм дзæнгæрæг та æрмæст сызгъæрин, æв- зист æмæ æфсæйнагæй аразгæ нæу. Уыдонимæ сæмхæццæ кæнын хъæуы адæймаджы туг, йæ цард йæ бæстæйы сæрыл чи ратдзæн, ахæм лæджы туг. Уымæн йæ райсом, иннæ бонты хуызæн, Сяо Лин æххуыс кодта йæ фыдæн. Чызг лæууыди пецы раз, касти тад 'згъæрмæ æмæ алыхуызон æнкъард хъуыдытæй уынгæг кодта йæ зæрдæ, уымæн æмæ Сяо Лин зыдта, йæ фыдæн зынд- 5
гонд чи нæ уыд, ахæм хъуыддаг: дзæнгæрæгыл та уыдзæни фазт, йæхи нывондæн куы ничи æрхæсса, уæд. Æмæ та уæд Китайы знæгтæ чызджыты æмæ лæппуты сæхицæн цагъай- рæгтæн кæндзысты, зæрæдты æмæ сывæллæтты мардзысты, торæттæ æмæхъæутæ судздзысты. — Нæ, уымæн уæвæн нал ис! Зæронд Чэнь,.цы 'рцыди, уый дзæбæх нæма бамбæрста, афтæ йæ рæсугъд чызг фыцгæ æрзæты смидæг. Чызджы сыгъдæгтуг сæмхæццæ ис сызгъæрин, æвзист æмæ æфсæй- нагимæ... Ныккуыдта æнамонд Чэнь. Уыцы чызджы йедтæмæ йын дунейыл ничи уыд, æмæ йæ тынг уарзта. — Цæмæн бакодтай ахæм ми, — йæхи хоста Чэнь, æмæ ставд цæстысыгтæ згъордтой йæ æнцъылд рустыл. Дзæнгæрæг куы сцæттæ ис, уæд рауади, зæххыл чи нæма уыд, ахæм стыр. Йе 'рттиваг уæлцъарыл иунæг фазт, иу- нæг дæрзæ? бынат дæр нæ уыди. Адæм дис кодтой Чэны дæсныйадыл, æппæлыдысты дзы. Зæронд æгъдæуттæм гæсгæ се 'ппæты фыццаг дзæнгæрæг ныццагъта Чэнь. Дзæнгæрæджы æхсызгон зæлтæ адæмы зæрдæтæ айдзаг кодтой цин æмæ æнцойадæй. Уыцы арфхизаг зыланджы Чэнь иртæста йæ уарзон чызджы хъæлæс. Уый йæ цард æрхаста йæ бæстæйы сæрыл, цы зæххыл райгуырди æмæ йæ удæй фылдæр цы зæхх уарзта, уый сæрыл. Цыдысты бонтæ. Пекин арæзт фæци. Æмæ дын иухатт боны цъæхтыл фехъуыст фæдисы хъæр. Уый уыди дзæнгæрæджы зыланг. Хойгæ йæ ничи кодта, афтæмæй хъуысти Китайы арæнтæм алырдæм дæр: цæгат æмæ^xуссармæ, скæсæн æмæ ныгуылæнмæ. Æмæ чидæриддæр уыцы зыланг хъуыс- та, уыдонæн сæ зæрдæтæ кодтой ныфсджындæр æмæ хъæ- батырдæр. Лæгтæ сæхи ивæзтой хæцæнгарзмæ, лæппутæ лæгтау схъæбатыр сты, лæгтæ та зæрæдтау зонынджындæр фесты. Æмæ знаг фæдисы хъæримæ Китайы зæхмæ куы бабыр- ста, уæд æгас адæм дæр йæ ныхмæ сыстадысты. Китайаг æф- 6
сæддонтæ нæдæр тæрсгæ кодтой, нæдæр фæллад зыдтой, уы- мæн æмæ сæм размæ сидти фæдисы тас уадзæг хъæлæс. Уы- цы хъæлæсы хъуысти Сяо Лины сидт. Знæгтæ пырхгонд æрцыдысты. Се 'стæгдартæ пысырайы бын фесты, сæ кой та сæфгæ фæкодта. Афтæ уæ мачи банхъæлæд, æмæ уый аргъау у. Нæ, мæ хуртæ! Раджы дæр афтæ уыди æмæ кæддæриддæр афтæ уы- дзæн: адæмы зæрдæты фæзыланг кæнынц, йæ бæстæйы амондыл йæ сæр чи æрхаста, уыдоны хъæлæстæ.
ЦÆХХ æддæр, дам, дунейыл цæхх æлутонæи уæл- дай нæ уыд, æмæ йын сызгъæринæй стыр- дæр аргъ кодтой. Хъæздгуыты йедтæмæ йæ мæгуыр адæм сæ цæстæй дæр нæ уыдтой. Денджызы был хъæутæй иуы цардис иу лæппу æмæ æгас хъæуы уымæй мæгуырдæр нæ уыд. Нæ йæм къæпи уы- ди зæххы куыст кæнынæн, нæ — хыз кæсаг ахсынæн, æмæ-иу къухæй ахста кæсаг. Бон-иу дыууæ-æртæ кæсаджы æрцахс- та æмæ уымæй ирвæзти. Иухатт денджызы бакæлæны кæсаг куыд ахста, афтæ йæм иу зæронд лæг, скъуыдтæ дарæсы мидæг æрбацыд æмæ йын лæмæгъ хъæлæсæй афтæ зæгъы: — Лæппу, иу кæсаг ма мын ратт, ныр цалдæр боны ни- цыма бахордтон. Лæппу ахъуыды кодта: абондæргъы цалдæр кæсаджы йедтæмæ нæма æрцахстон. Æмæ сæ амæн куы радтон, уæд мæхæдæг æххормагæй баззайдзынæн. Фæлæ ницы кæны, æз æрыгон, тыхджын дæн, æмæ иу-дыууæ боны куы нæ бахæ- 8
рон, уæддæр мын ницы у, нæ амæлдзынæн. Зæронд лæгæн та, æвæццæгæн, йæ хъару бынтондæр асасти. — Мæнæ карзинкæйы чи ис, уыдон се 'ппæтдæр ахæсс, — загъта йын хъæлдзæгхуызæй лæппу. Зæронд лæджы уырнгæ дæр нæ кодта, афтæмæй нæ- уæндонхуызæй карзинкæ систа, чысыл фалдæр сбадт æмæ кæсæгты хомæй хæрын байдыдта. Карзинкæ уайтагъд саф- тид ис. — Бузныг, мæ хур, — раарфæ кодта зæронд лæг лæп- пуйæн. — Дæ хорздзинад дын цæмæй бафидон, ахæмæй маем ницы ис. Фæлæ дын иу хъуыддаг бацамондзынæн. Денджы- зы хуссарырдæм иу æртæ сæдæ санчъехы бæрц аленк кæн æмæ дзы фендзынæ стыр дур, дурыл уыдзæни хуынкъ, хуын- чъы хуылфы ис цыргъгæнæн. Райе цыргъгæнæн æмæ дæ цае- дæриддæр хъæуы, уыйбæрц дын цæхх ратдзæн. Зæронд лæг лæппуйæн бацамыдта, цавæр ныхæстæ йæ дзурын хъæуы, цыргъгæнæн цæхх цæмæй дæтта, уый тых- хæй, æмæ ацыди. Лæппу денджызы хуссарырдæм аленк кодта, цыргъгæнæн ссардта, фæстæмæ былмæ æрбаздæхт, цыргъгæнæн йæ карзинкæйы цæвæрдта æмæ йæ сæхимæ рахаста. «Цымæ зæронд лæг æцæг дзырдта», — хъуыды кæны лæппу йæхинымæр. Йе 'ргом цыргъгæнæнырдæм, афтæмæй æрлæууыд æмæ загъта: — Зил, зил, цыргъгæнæн, урс цæххæй мын къус бай- дзаг кæн. Цыргъгæнæн ныззылди, урс цыхцырæгæй ныллæууыд цæхх. Къус куы байдзаг, уæд цыргъгæнæн йæ зилынæй бан- цади. Дыккаг бон райсомæй лæппу цæхх базармæ ахаста. Ауæй йæ кодта æмæ дзы ссад, халсартæ æмæ пырындз бал- хæдта. Лæппу йæхиуыл фæхæцыд æмæ йын цæрын фенцон- дæр. Лæппуйы фарсмæ царди иу хъæздыг лæг. Иухатт хъу- сы, æмæ лæппу цыдæртæ дзуры. Лæг ныддис кодта: «Амæн 9
йе ус куы нæ ис, йе зæнæг, уæд цымæ кæимæ ныхас кæны?» Сындæггай лæппуйы рудзгуыты бынмæ бахъуызыд æмæ хуынкъæй бакаст. Чысыл ма бахъæуа фырдисæй ма ныхъ- хъæр кæна лæг: Мидæгæй лæппуйы раз — цыргъгæнæн. Цыргъгæнæн зилы, æмæ дзы цæхх кæлы. Уыцы 'хсæв хъæздыг лæг адавта лæппуйы хæзна. Сæ хæдзары йæ кæм бамбæхстаид, уый нæ уыд æмæ йæ ден- джызмæ ахаста. Денджызы был ничи уыд, хъæздыг лæг йæ бæлæгъ суæгъд кодта, цыргъгæнæны дзы сæвæрдта æмæ денджызы аленк кодта. — Куыд уæрæх у, куы, денджыз! — цингæнгæйæ фæ- хъæр кодта хъæздыг лæг. — Ам мæ хæйрæг дæр нæ фендзæн. Иыр паддзахæй хъæздыгдæр суыдзынæн. Хъæздыг лæг йæ бæлæгъ æрурæдта, цыргъгæнæн зилын цæмæй райдайа, уыцы ныхæстæ æрхъуыды кæныныл архай- гæйæ. Æппынфæстаг йæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ фæ- хъæр кодта: — Зил, зил, зил! Æмæ цыргъгæнæн зилын байдыдта. Хъæздыг лæг фыр- цинæй ныррызт. «Цас мæ хъæуы цæхх? Иу дань1 мын æгъ- гъæд нæу цымæ? Нæ, иу дань цы райсдзæн? Ницы уыйас. Уæдæмæ фондзыссæдз даны; нæ, цас фылдæр уа, уыйас хуыздæр. Хъуамæ зæххыл мæнæй хъæздыгдæр мачиуал уа». Æмæ æнæрынцайгæйæ, «зил, зил, зил», зæгъгæ, хъæр кодта. Æндæр ницы кæлæн ныхæстæ зыдта хъæздыг лæг æмæ сæ дзырдта æмæ дзырдта. Цыргъгæнæн дæр зылди æмæ зыл- ди. Хъæздыг лæгæн йæ чысыл бæлæгъ цæххæй йæ былтæй акалд. Уæддæр ма цыргъгæнæн зылди æмæ зылди. Дон бæ- лæгъы йæ бынмæ ласын байдыдта. Уæд хъæздыг лæг фæ- тарст æмæ «зил», зæгъгæ, нал дзырдта, фæлæ уæддæр цыргъгæнæн йæ зилынæй не 'нцади. Афтæмæй хъæздыг лæг йæ бæлæгъимæ денджызы бынмæ афардæг. Цыргъгæнæн уæддæр зылди, уæдæ цы уыдаид, æмæ цæхх доны тади. Æмæ, дам, ныр денджызы дон цæхджын уымæн у. 1 Дань — 50 килойы. 10
ÆДЫЛЫ МОЙ у усæн йæ лæг уыди бынтон æдылы. Æп- пындæр ницæмæ арæхст, иу хъуыддаг дæр ын рæстмæ нæ кодта. Уæд та йæ иухатт ус сæ хæстæджытæм тынуафынмæ ар- выста. Лæг фæстæмæ куы раздæхти, уæд фæндаджы был æрбадт йæ фæллад уадзынмæ. Куыст ын ницы уыд æмæ тынуафæнмæ ракæс-бакæс кæны. «Ай дын цыппар къахы куы ис, — дзуры лæг тынуафæнмæ, — уæд дæ ме 'ккой цы хæссын, дæхæдæг-ма ауай, цы бæрæг ис, хъуамæ мæ разæй дæр фæуай». Уыцы ныхæстимæ лæг тынуафæны фæндаджы астæу æрæвæрдта, йæхæдæг сæхимæ рарасти. Æрбацыди сæхимæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ йæ ус тын- уафæнæй фæрсы: — Æз ын йæхи бафтыдтон цæуыныл, цыппар къахы йын ис æмæ хæццæ кæндзæн! — загъта лæг. Ус ыл йæхи андзæрста: — Ныр цытæ дзурыс? Искуыдæр-ма уый федтай, æмæ 11
тынуафæн йæхæдæг цæуа? йæ къæхтæ хъæдын куы сты, уæд æй куыд цæуын кæныс? Тагъд æм згъоргæ æмæ йæ æрхæсс! Фæлæ фæизæрмилтæ, æмæ лæг фæзивæг кодта. Дыккаг бон та райсомæй тынуафæнмæ ацыди. Тынуа- фæныл сæууон æртæх нæма бахус. — Мæгуыр йæ бон, фыртагъд уадæй куыд бафæллад, йæ хид акалди, — загъта æдылы лæг. Стæй тынуафæн систа æмæ йæ сæхимæ ахаста. Цалдæр боны фæстæ ус йæ мойæн базармæ, кæй ба- уæфта, уыцы тын арвыста. Фæцæуы лæг, æмæ фæндагыл ауыдта дыууæ цæджын- дзы. Уымæй афтæ, уыдон адæймæгтæ сты, æмæ сæм хъæр кæны: — Ей, тын уæ нæ хъæуы? Цæджындзтæ цы хъуамæ сдзырдтаиккой! — Мæ тын ма мын балхæнут! — нал æмæ нал æнцаиы лæг. Хæстæгдæр бацыд æмæ тыны тыхтон цæджындзты раз æрæвæрдта. — Гъаут, фæлæ æхца та? — фæрсы лæг, Чысыл фалдæр хызти сæгъ æмæ «ме-е-е!» зæгъгæ, ныу- уасыди. Лæг та «н-æ-æй» бамбæрста. — Цæй, кæд уæм абон нæй, уæддæр райсом æрбауай- дзынæн! — загъта лæг æмæ сæхимæ ацыд. — Кæмæн мын ауæй кодтай мæ тын? — фæрсы йæ ус. — Дыууæ лæппуйæн, — дзуапп радта лæг, — æнахуыр лæппутæн, фæндаджы был лæууынц æнæдзургæйæ, фæлæ сæ æхцайæ куы бафярстон, уæд уайтагьд «нæ-æ-æй!» зæгъгæ, фæкодтой. Ус æй бæлвырддæр фæрсын байдыдта æмæ хъуыддаг бамбæрста. Фæстæмæ лæджы тынмæ рарвыста. Лæг цæджындзты размæ æрбацыд, фæлæ тын уым нал уыд. Уалынмæ кæсы æмæ фæндагыл бирæ адæм фæцæуы, се 'ппæтыл дæр урс дарæс, — мард фæцæйхастой. 12
Лæг афтæ банхъæлдта, кæд ын йæ тын уыдон адавтой, æмæ дын семæ загъд кæнын куы байдаид. — Æриут мын мæ тын, — хъæр кæны лæг, — науæд уæ ныппырх кæндзынæн! Мæрддзыгойы адæм ыл амбырд сты æмæ йæ ных- хостой. Æрцыди лæг сæхимæ æмæ йæ усæн хъаст кæны. Ус ын афтæ: — Æдылы. Уыдон мард фæцæйхастой. Уый бæсты сын чырын хæссынмæ феххуыс кодтаис, æмæ дæ фæбузныг уы- даиккой. — Цæй, хорз, æндæр хатт зондджындæр уыдзынæн, — загъта лæг æмæ уынгмæ йæхи райста. Фæцæуы æмæ дын уæртæ уаргъхæсджытæ нывæфтыдтæ паланкин æрбахæссынц. — Ей, фæлæуут-ма! — хъæр сæм кæны лæг. —Æриут, ^ырын хæссынмæ уын аххуыс кæнон! Уаргъхæсджытæ йæ айхъуыстой æмæ йæ фæнадтой. Æрбаздæхти та сæхимæ кæугæйæ, æмæ йыл ус худы: — Уæуу, мæнæ цы æнæмбаргæ ис! Чындзхæссæн паланкин та чырын фæхуыдта, ды сын хъуамæ худгæйæ æмдзæгъд кодтаис. — Цæй, ницы кæны, ацы хатт æй зондзынæн! — ба- хъуыр-хъуыр кодта лæг æмæ схуыссыди. Дыккаг райсом уынгмæ куы рацыд, уæд дын кæсы æмæ сæ сыхæгты хæдзар ссыгъди. Хæстæгдæр сæм базгъордта. йæ зæрдæмæ фæцыди арты пиллонмæ кæсын, бахудти æмæ, æмдзæгъд кæнгæйæ, кафын райдыдта. Æртыккаг хатт дæр та йын уырды над скодтой. Фæцæуы та лæг сæхимæ æмæ йæхицæн дзуры: — Мæгуыр мæ бон, цæй æнамонд фæдæн, се 'ппæт дæр мæ нæмгæ кæнынц, мæ бон сæ никæй зæрдæ балхæнын у. Ус ыл йæ къухтæ сцагъта: — Æрра дæ, æрра, æндæр ма исчи дæр хæдзары сыгъ- дыл цин кæны? Фæлтау ведрайы дон райстаис æмæ арт ахуыссын кодтаис. 13
Уыцы уайдзæфтæ фехъусгæйæ лæг сфæнд кодта цыфæн- дыйæ дæр сыгъд ссарын æмæ йæ ахуыссын кæнын. Фæцæуы та æдылы хъæуы уынгты æмæ куырдадзмæ бафтыди. Куырдадзы арт пиллонæй судзы, йæ цæхæртæ алырдæм тæхынц. Лæг ведрамæ фæлæбурдта æмæ арт ахуыссын кодта. Уæд æм куырдтæ æрбазгъордтой æмæ йын ахæм над скодтой æмæ ма сæхимæ тыххæйты бахæццæ. — Ныр демæ чердæм дзырдæуа, — хæцы йæм ус, — исчи ма куырдадзы арт хуыссын кæны? Фæлтау дзæбуг раистаис æмæ дзы хъæстарæг æрхостаис, æмæ дæ куырдтæ галы бузныг фæуыдаиккой. — Гъемæ хорз, ныр æй зондзынæн, куыд кæнын хъæуы, уый, — бахъæлдзæг ис лæг. Уыцы бон уынджы дыууæ лæджы фæхыл сты. Сæ лæдз- джытæ-иу кæрæдзимæ дард фæхастой. Уæд сæм æдылы базгъордта, зæххæй лæдзæг фелвæста æмæ сыл уымæй ралæууыд. Хылгæнджытæ сæ кæрæдзийы фæуагътой æмæ æдылы- мæ фесты. Æдылы ма сæ тыххæй-фыдæй йæ сæр ахаста. Ус та йæм смæсты: — Сæрхъæн, хыл куы фæкæнынц, уæд сæ иргъæвын хъæуы. Æмæ та лæг афтæ дæр бакодта, фæлæ уый фæстæ фæс- мойнаг фæци. Дыууæ богъы хыл коДтой æмæ æдылы сæ иргъæвыныл ныллæууыд. Богътæй йæ иу йæ сыкъатыл фелвæста æмæ йæ иу хъæу- уатмæ фехста. Æрмæстдæр изæры ссардтой æдылыйы, йæ уд ма йæ мидæг тыххæйты уыди, афтæмæй.
г*- итайы ис чысыл зæронд хъæу Хань. Бирæ сæдæ азты размæ уыцы хъæуы иу зæхку- сæджы хæдзары райгуырди лæппу, йæ ном Пин Фу, зæгъгæ. Йæ райгуырды сахат зæхкусæджы хæдзары сæрмæ арвыл ссыгъди цъæх стъалы; хæстæгдæр сæм цы хъæд уыди, уым та фырмæстæй давæг тигр амард. Лæппу бонæй-бон æмбаргæдæр кодта. Цыппæрдæс азы йыл куы сæххæст, уæд йæхи фæндагмæ срæвдз кодта æмæ йæ фыдæн афтæ зæгъы: — Знæгтæ нын нæ зæхх бацахстой, — мах та сæхицæн уацайрæгтæ скæнынмæ хъавынц. Æз хъуамæ знæгты нæ зæх- хæй фæсурон. Куы æрæхсæв, уæд Пин Фу йæ райгуырæн хæдзар ныу- уагъта æмæ балцы араст. Бирæ фæкаст фыд йæ лæппуйы фæдыл, стæй арвмæ фæ- комкоммæ; кæсы æмæ сæ хæдзары сæрмæ цы цъæх стъалы æрттывта, уый Пин Фуйы фæдыл цæуы æмæ йын æхсæвы тары йæ зын фæндаг рухс кæны. 15
Фырты ацыды фæстæ фыд алы изæр дæр касти арвмæ, агуырдта дзы цъæх стъалыйы, кæд ома ахуыссыди, зæгъгæ. Фæлæ стъалы хуысгæ нæ акодта, уый ноджы тынгдæр цæхæртæ калдта. Уыцы рæстæг Пин Фу та иу стыр горæтмæ æрбахæццæ æмæ уыцы ран бацыди кæсын-фыссыныл ахуыр кæнынмæ. Дамгъæтæ кæсын куы базыдта, уæд иу зæронд лекъырмæ лæггадгæнæгæй кусынмæ бацыд. Иухатт ын лекъыр афтæ зæгъы: — Кæсын дæм æмæ æнæниз, зондджын лæппу дæ. Ноджы чиныджы кæсын зоныс, суанг фыссын дæр. Цы хъаймæ- тæн кусыс уæд афтæмæй мæ хуызæн зæронд хæррæгъмæ? Пин Фу йын дзуапп радта: — О, ме 'лдар! Йæ адæмы чи уарзы, уый хъуамæ зона дыууæ хъуыддаджы: йе 'знæгты цæгъдын æмæ йæ хæлæртты дзæбæх кæнын. Æз дæумæ лæггадгæнæгæй уымæн бацыд- тæн, æмæ цæмæй дæ дæсныйадыл сахуыр уон. Зæронд лекъыр куы амарди, уæд æппæт низтæ дзæбæх кæнын Пин Фу йедтæмæ ничи зыдта. Рынчын адæм та бирæ уыди, уымæн æмæ знæгтæ китайæгты кусын кодтой алы рæстæджы дæр: мит уаргæйæ дæр, къæвдайы дæр, уазал бон æмæ тынг æнтæфы дæр. Уыдæттæ иууылдæр Пин Фу уыдта, æмæ йæ чысыл зæр- дæ мæстæй сыгъди. Уæд та иуахæмы Пин Фуйы фыд арвмæ скаст, фæлæ цъæх стъалы йæ бынаты нал уыди. Уый æрттывта дард æрв- гæроныл айнæг къæдзæхты сæрмæ. Æмæ уæд фыд ахъуыды кодта, Пин Фу хæхты бамбæхст, зæгъгæ. Уалынджы адæмыл айхъуыст зындгонд мастисæг Пин Фуйы кой. Уый йæхицæн æмбæлттæ скодта хъæбатыр кита- йæгтæй, æмæ-иу æхсæвыгон знæгты размæ бабадтысты. Фæлæ знæгтæ бирæ уыдысты — сæ полчъытæн кæрон дæр нæ уыд. Пин Фуйы хуызæттæ та — хæрз чысыл. Пин Фу бамбæрста, сæ чысыл къордæн Китайы ссæри- бар кæнын йæ бон кæй нæ бауыдзæн. Хъуамæ адæм се 'ппæт дæр уыцы иу бон, уыцы иу сахат сыстой знæгты ныхмæ. 16
Фæлæ уый йæ къухы куыдæй бафта Пин Фуйæн? Ницы æрхъуыды кæнын уыди лæппуйæн йæ бон. Уалынмæ дын æвиппайды Китайы алы кæрæтты емынæ куы фæзынид. Алы бон дæр дзы марди цалдæр мин адæйма- джы. Уæд Пин Фу ацыди хъæдмæ. Бирæ бонтæ æмæ æхсæв- тæ фембырд кодта алыхуызон дзæбæхгæнæн кæрдæджы мыг- гæгтæ æмæ сæ фыхта диссаджы хос. Стæй хос куы сцæттæ ис, уæд лекъыры дарæсы бæстæйы алы кæрæттæм йе 'мбæлт- ты хостимæ арвыста æмæ сын бафæдзæхста, адæмæн сæ куыд байуарой, афтæ. Алы рынчынæн æмæ æнæниз китайагæн Пин Фу æмæ йе 'мбæлттæ лæвæрдтой дыууæ къоппы — урс æмæ сырх. Урсыл уыдис афтæ фыст: «Байгом æй кæн æмæ йæ баназ». Сырхыл та—афтæ: «Фæззæджы, мæй йæ цæлхыдзаг куы уа, \æд-иу æй хурыскасты байгом кæн». Æмæ-иу Пин Фуйы хос чи банызта, уый-иу уайтагъд адзæбæх, йе 'уæнгты-иу тых бацыди, фыццаг æм цас уыд, уы- мæй фылдæр. Хостæ куы байуæрстой, ууыл мæй дæр нæма рацыд, афтæ емынæйæн йæ кой дæр нал уыд. Æмæ уалынмæ ралæууыд фæззæджы бæрæгбон. Ми- луангай китайæгтæ æнæрхъæцгæйæ æнхъæлмæ кастысты ху- ры скастмæ. Мæнæ æппынфæстаг хуры фыццаг тынтæ зæх- хыл андзæвыдысты. Æмæ уæд Китайы адæм се 'ппæтдæр уыцы иу сахат сæ сырх къоппытæ байгом кодтой æмæ дзы чысыл фыстæгтæ систой. Уым фыст уыди: «Абон цъæх стъалы куы ссудза, уæд-иу знæгтыл дæхи цæв». Милуангай китайæгтæ, сæ дзаумæтты бын хъаматæ, кæрдтæ æмæ æрдынтæ æмбæхсгæйæ, изæрдалынгты рацы- дысты сæ хæдзæрттæй, куыддæр цъæх стъалы арв ныррухс кодта, афтæ се 'знæгтимæ схæцыдысты. Ацы хатт канд хъæ- батырты чысыл къорд нæ хæцыди знагимæ, фæлæ китайаг адæм æгасæй дæр. Адæмы ныхмæ та ницавæр знаг фæлæу- дзæн. Афтæмæй знæгтæ тард æрцыдысты Китайы зæххæй. Гъе, афтæ хуымæтæг зæхкусæджы фырт йæ адæмы ца- гъардзинадæй бахызта. 2 Сызгъæрин бæх 17
КУИТÆ ГÆДЫТЫ ЦÆУЫЛНÆ УАРЗЫНЦ арди æмæ уыди иу мæгуыр лæг. Æмæ цар- ды мидæг йæ хъуыддаг размæ ницæмæй цыд. Пырындз байтыдтаид — бахус ын уыдаид; гроха ныссагътаид — цъиутæ-иу æй бахордтой; кæ- саг ахсынмæ-иу куы ацыди, уæд та-иу йæ бæлæгъ фæфæл- дæхт. Гъе, ахæм æнамонд уыди уыцы лæг. Йæ сыхæгтæ йæ хонгæ дæр афтæ кодтой «Æнамонд», зæгъгæ. Уæд иухатт куы уыд#, уæд Æнамонд быдыры фæцæуы æмæ æрхы къухдарæн ссардта. Хуымæтæджы æрхуы къух- дарæн, æрмæст йæ чъилыл уыди кæфхъуындар æмæ кæсаг- ласы нывтæ. Лæг сæхимæ æрцыди, къухдарæн рудзынджы дæлвæйнæгмæ баппæрста, йæхæдæг схуыссыд. Æнамондмæ уыди куыдз æмæ гæды. Уыдон хыл никуы кодтой, хæларæй цардысты. Уалынмæ мæй скаст æмæ æрхуы къухдарæн ныррухс кодта. Куыдз къухдарæны чъилыл кæфхъуындар æмæ кæ- сагласы нывтæ куы ауыдта, уæд ныццин кодта, æмæ, йæ къæдзил тилгæйæ, срæйдта. 18
— Цæуыл цин кæныс, мæ лымæн?—бафарста йæ гæды. — Цæй, дæуæн æй схъæр кæндзынæн, мæ ахсджиаг, — загъта куыдз. — Нæ хицау диссаджы къухдарæн ссардта: кæсыс, йæ чъилыл кæфхъуындар æмæ кæсагласы нывтæ. Ахæм къухдарæн кæмæ уа, уымæн мæгуырæй тас нæу, хæрз- тæ йæм ныккæлдзысты. Æмæ æцæгæй дæр, уыцы бонæй фæстæмæ Æнамондæн йæ хъуыддæгтæ йæ зæрдæйы фæндиаг цæуын байдыдтой. Нартхор-иу куы ныссагъта, уæд-иу дзы уыйбæрц æртыдта, æмæ йæм-иу сыхæгтæ хæлæгæй мардысты. Кæсаг ахсынмæ- иу куы ацыд, уæд-иу кæсæгтæ сæхæдæг йæ бæлæгъмæ гæп- пытæ кодтой. Афтæмæй мыды къусы хуызæн сси йæ хæдзар. Пырындз æм уыди йæ фаг. Аходæнæн ын-иу æрæвæрдтой царвы фых чысыл гуылгæндтæ, сихорыл — хъæбынтæ, æхсæвæрæн та бамбучы талатæ фыхæй. Æнамондæй æрхуы къухдарæн ферох ис. Рудзынгмæ йæ куыд баппæрста, афтæмæй уым лæууыди. Иухатт Æнамонды хæдзары рæзты иу хъæздыг æлдар фæцæйцыд. Уыцы сахат та куыдз гæдыйæн афтæ дзырдта: — Хуыцау бахизæд, фæлæ мыст æрхуы къухдарæн куы адавид, уæд та нæ хицау, фæстæмæ смæгуыр уаид, æмæ та мах дæр сыдæй мæликкам. Æлдар сын сæ ныхæстæ фехъуыста, Æнамонды хæдзармæ бацыд, йæ сæрæй хæдзары хицауæн акуывта æмæ загъта: — Æз тынг дардæй фæцыдтæн, æрмæстдæр дæу хуызæн зондджын лæджы феныны тыххæй. — Хорз суазæг кæнинаг бæргæ дæ, фæлæ дæ хуызæн уæздан æлдары мæ мæгуыр хæдзармæ бахонын мæ цæсгом нæ хъæцы, — загъта Æнамонд. Бирæ фæкодтой кæрæдзийæн æппæлæн, зæрдæйæн æх- сызгон ныхæстæ: æлдар Æнамондæй æппæлыд, Æнамонд та æлдарæй. Суанг изæрмæ кæрæдзийы стауынæй нæ банцады- сты. Стæй æлдар цæуынмæ куы хъавыд, уæд рудзынджы раз- хмæ бацыд æмæ фæхъæр кодта: 19
— Тæхуды даелæ уыцы къухдарæны хуызæн ссар! Мæ зæрдæмæ афтæ тынг цæуы, æмæ диссаг! ■— Цытæ дзурыс! — йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта хæ- дзары хицау. — Ай мæнæ хуымæтæджы æрхуы къухдарæн куы у. Æз дын сыгъдæг сызгъæрин къухдарæн балæвар кæн- дзынæн. — Нæ, — загъта æлдар, — сызгъæрин къухдарæн мæм не, фæлæ мæм æрхуы къухдарæн иу дæр нæй. — Гъемæ йæ айс, — йæ цæсгом ныррухс кодта Æна- монд æмæ йæ диссаджы къухдарæн хинæйдзаг æлдары фыц- цаг скодта. Æлдар рацыд æмæ фæзилæнмæ нæма ныххæццæ, афтæ Æнамондыл иу бæллæх иннæйы фæдыл цæуын байдыдта. Быдыры йын йæ пырындз цъиутæ бахордтой, йæ бæлæгъ ын дымгæ денджызы астæумæ ахаста, йæ нартхор та йын их ныццагъта, стæй æхсæвы пецæй зынг расхъиудта, æмæ йæ хæдзар ссыгъди. Хуыцау хорз æмæ куыдз йæ рæйдæй Æна- монды райхъал кодта, æндæр хæдзар æгасæй дæр басыгъ- даид. Бонтæ цыдысты æмæ Æнамонд мæгуырæй-мæгуыр- дæрмæ цыдис. Æмæ уæд иуахæмы куыдз гæдыйæн афтæ зæгъы: — Нæ хицауы æрхуы къухдарæн фæстæмæ ссарын хъæуы, науæд сыдæй амæлдзæн. Фæцæуæм уыцы хинæйдзаг .æлдары агурæг. Куыдз азгъордта, æлдар кæуылты ацыд, уыцы фæнда- гыл, гæды та куыдзы фæдыл уади, тыххæйты йæ æййæфта. Афтæмæй цас фезгъордта, чи йæ зоны, фæлæ иуахæмы æвиппайды дзыхълæуд фæкодтой, — сæ размæ фæци уæрæх цæугæдон. — Уый та дын ног бæллæх! Æз æппындæр ленк кæнын нæ зонын! — бахъынцъым кодта гæды. — Ма тæрс, — сабыр æй кæны куыдз, — мæнæ ме 'ккой абад æмæ дæ æз фæфале кæндзынæн. Цæугæдон стыр уыди, йæ уылæнтæ-иу хæрдмæ фæцы- дысты, йæ дон бынтон — уазал. Куыдз, мæгуырæг, байста- 20
ди, фæлæ уæддæр размæ ленк кæны, — тынг æй фæнды йæ хицауæн баххуыс кæнын. Æппынфæстаг бахæццæ сты фаллагфарсмæ. Куыдз йæ фæллад чысыл суагъта æмæ та размæ азгъордта. Йæ фæдыл, йæ къæдзил ныхъхъил кæнгæйæ, уайы гæды. Æризæр, афтæ куыдз æмæ гæды æрбахæццæ сты æлда- ры хæдзармæ æмæ рудзынджы бын æрæмбæхстысты. Æл- дар куы хуыссыди, уæд къухдарæн йе 'нгуылдзæй рафтыдта, чысыл чырыны йæ нывæрдта æмæ йæ дæгъæлæй сæхгæдта. — Ницы кæны, — загъта гæды. — Æз мыст æрцахсдзы- нæн. Уый къопп фæхуынкъ кæндзæн æмæ къухдарæн уыр- дыгæй раласдзæн. Гæды куыд загъта, хъуыддæгтæ æцæг афтæ рауадысты. Мыст къоппы хуылфмæ бабырыд æмæ æрхуы къухдарæн ра- ласта. Гæды къухдарæнмæ фæлæбурдта, йæ комы къулы йæ амбæхста æмæ уæртæ фæстæмæ фæтæхы. Ныр разæй гæды згъордта, куыдз та йæ фæдыл. Цæугæ- донмæ куы рахæццæ сты, уæд та гæды куыдзы рагъмæ сгæпп кодта. Доны уылæнтæ кæрæдзийы сæрты хауынц. Куыдзæн, мæгуыр, йæ тых сæттын байдыдта, дон æй йæ бынмæ ласьь Гæды йæхицæн куыдзы рагъыл бады æмæ йæ, тагъддæр ленк кæ, зæгъгæ, басхойы. Тыххæй-амæлттæй куыдз былгæронмæ рахæццæ ис. Йæ бон ницыуал уыд, афтæмæй змисыл ахауд æмæ гæдымæ дзуры: — Чысыл нæ фæллад суадзæм, бафæлладтæн. — Хорз, — сразы ис гæды. Ды хуысс, æз дæ хъахъхъæн- дзынæн. Фæлæ куыддæр куыдз. афынæй, афтæ гæды цыппæрва- дæй сæхимæ фæцагайдта. Йæ хицау бадти хæдзары къæсæ- рыл æмæ ставд цæссыгæй куыдта, — æхсæвы йын къæрных- тæ йæ фæстаг пырындзы голлаг адавтой. Гæды рудзынгмæ сгæпп кодта, къухдарæн фæстæмæ йæ бынаты сæвæрдта æмæ1 йæ хицауæн афтæ зæгъы: 21
— Дæхицæн мает мауал кæн. Мæнæ дæ къухдарæн. Хуымæтæджы къухдарæн нæу, уый зон, адæймагæн амонд хæссы. Ныццин кодта лæг. Гæдыйы сæрфтытæ кæны, æхсыр ын дары. Гæды æхсыр басдæрдта, йæ дзæмбытæй йæ былтæ ные- сæрфта æмæ загъта: — Атæппæт иууылдæр куыдзы аххос уыди. Къухдарæн хуымæтæг къухдарæн кæй нæу, уый æлдарæн куыдз загъта. Смæсты ис хицау йæ куыдзмæ. Æмæ куыддæр куыдз æрбахæццæ, афтæ лæдзæгмæ фæлæбурдта æмæ дзы куыдзыл ралæууыд. Гæды пецыл бады æмæ уырдыгæй дзуры: ■— Доны мæ ныппарынмæ хъавыд, къухдарæн дæ къу- хы куыннæуал бафтыдаид, афтæ. Нал баурæдта куыдз йæхи уыцы ныхæстæм. Бахъуыр- хъуыр кодта, йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд, гæдыйыл йæхи ныццавта æмæ йæ йæ быны аууæрста. Гæды дæр ныффут- тытæ кодта æмæ йæ ныхтæ куыдзы хæмхудты ныесагъта. Фæ- лæ уæддæр куыдз тыхджындæр разынди. Гæдыйы йæ цар- мæй фелвæста, æмæ йæ, чысыл ма бахъæуа, бахсына уыцы мæнгард ныхæсты тыххæй. Тыхамæлттæй ма раирвæзти куыдзы ссыртæй гæды. Уæдæй фæстæмæ куитæ æмæ гæдытæ кæрæдзийæ се "сæфт уынынц. Куыдз гæдыйы куы фены, уæд ын æнæ ба- хъуыр-хъуыргæнгæ нæй, гæды та куыдзæн йæ цæст атонын- мæ фæхъавы.
РÆСУГЪД УС æ чындзæхсæвы фæстæ Чжаны йæ къах быдыры куыстмæ нал хаста. Бон-изæрмæ сæ хæдзары бадти æмæ йæ рæсугъд усмæ кæсынæй не 'фсæсти. Æмæ йæм цас фылдæр каст, уыйас æм кусынмæ цæуын къаддæр цыди. Бынтондæр ныууагъта Чжан кусыны хъуыддаг, йæ усы цинæй дзы быдыр ферох ис. Афтæмæй рацыд афæдзы æрдæг, аивгъуыдта аз... Дык- каг афæдзы кæронмæ, чындз йемæ цы дзауматæ æрхаста (стъолтæ, бандæттæ, уæлæйы дарæс), уыдон уæйгонд фесты, æмæ сæ хæдзары æрхуы суари дæр нал уыди. Ус мæты ба- цыд: «Нæ чындзæхсæвæй фæстæмæ нæ лæг хæдзары къæсæ- рæй æддæмæ дæр нæма акает. Æхсæвæй-бонæй мæ фарсмæ бады, кусгæ нæ кæны. Тагъд нæ къух нæ дзыхмæ схæссын- хъом нал уыдзыстæм». — Куыд фæразыс бон-изæрмæ æгуыстæй бадын, иннæ- тæ кусгæ куы кæнынц, уæд? — уайдзæф кæнын райдыдта Чжанæн йæ ус.. Лæг йæ усы рæсугъд цæсгоммæ бакаст æмæ зæрдæхсай- 23
гæйæ ахъуыды кодта: «Æз кусынмæ куы ацæуон, уæд мæ ус иннæ лæгтимæ уæлдай митæ кæнын райдайдзæн». Æмæ та хæдзары баззад, ома фæлтау цыфæнды мæгуыр хæринаг дæр хæрдзынæн, мæ усмæ мæ зæрдæ æхсайыны бæсты. Фæлæ иу бон Чжан бамбæрста, райсоммæ къæбæры аргъ куы нæ бакуса, уæд сын сыдæй æнæ амæлгæ кæй нал ис, уый. Дыккаг райсом йæ усæн хæрзбон загъта æмæ сæ сыхаг хъæумæ куыстагур араст. Фæндагыл амбæлди иу лæгыл, фæндзай азы кæуыл цы- даид, ахæмыл. — Ам хæстæгдæр хъæумæ фæндаг кæуылты у? — ба- фарста лæг. — Æз дæр уырдæм цæуын, цом иумæ, — загъта йын Чжан. Фæндагыл Чжан æнæзонгæ лæгæн радзырдта йæ ха- бæрттæ. — Афтæ æнамонд дæн æмæ дын куыд зæгъон, — рай- дыдта Чжан. — Мæ усы нæхимæ иунæгæй ныууагътон æмæ куыстагур рацыдтæн, науæд нын сыдæй æнæмæлгæ нал уыди. — Дæ усы авджы нывæр, уымæй хуыздæр дзы ницы ис. — Цы, цы?! — Уый æнцон бакæнæн у. Авг дын æз ратдзынæн. Уæ- хицæй куы цæуай, уæд дæ усмæ бакæс, стæй авджы ныффу кæн, æмæ дæ ус авджы фестдзæн. Афтæмæй æппынæдзух дæр демæ уыдзæн. Гъа, авг дын! Æнæзонгæ лæг Чжанмæ уылынг æмæ æрдæджы йас авг бадаргъ кодта. Чжан авг йæ дзæкъулы цæвæрдта; йæхицæн, лæг ын кæй бацамыдта, уыдон радзырдта æмæ заргæ сæхи- мæ раздæхт. Дыккаг бон сфæнд кодта йæ лæвары миниуæг бавзарын. Йæ ус айдæнмæ йæ сæры хил куыд дзæбæхтæ кодта, афтæ йæм Чжан æдзынæг бакаст æмæ авджы ныффу кодта. Ус айдæнмæ уыдта, лæг йæ чъылдыммæ авгимæ цыдæртæ кæй 24
архайы, уый, — афæрсынмæ йæ хъавыди, фæлæ йæ дзых куы схæлиу кодта, уæд йæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницыуал бамбæрста. Йæ уд йæ мидæг куы "рцыди, уæд дын авджы мидæг бады. Ныр Чжанæн йæ зæрдæ æппындæр ницæмæуал æхсайд- та — йæ ус адæмы цæстæй арф ран æмбæхст уыди. Изæры авг уæлгоммæ фæфæлдæхта, æмæ та йæ ус йæ разы фе- взæрди. Фæлæ уæддæр иухатт Чжан йæ усы хæдзары ныууагъта. Абанамæ йæ цæуын хъуыди. Усæн бафæдзæхста, йе 'рба- цыдмæ куыд никуыдæм ацæуа, афтæ, йæхæдæг сапон æмæ хисæрфæн райста æмæ абанамæ* араст. Чжан куы ацыд, уæд ын ус доны былмæ йæ дзаумæттæ æхсынмæ ахаста. йæ хæдон ын куы сæууæрста, уæд йæ къух дæргъæццон цыдæрыл аныдзæвд. «Ай уыцы авг ма уæд, — фæхъуыды йæ кодта ус. Алы райсом мæ нæ лæг ацы авджы куы батæры, йæхицæй йæ уæгъд куы никуы уадзы, уæд æй цымæ абон цæмæн ныууагъта?» Уыцы рæстæг доны фаллаг фарсæй усмæ касти рæсугъд æрыгон лæппу. Ус дæр æм фемдзаст, фефсæрмы æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта. Стæй æнæрхъуыдыйæ авджы ныф- фу кодта æмæ дын лæппу цыдæр куы 'рбауид... Ус йæ гæрзтæ æхсад куы фæци, уæд авг фæстæ- мæ хæдоны дзыппы цæвæрдта æмæ сындæггай сæхимæ рацыд. Дыккаг бон Чжан быдырмæ ацæуыны размæ, иннæ хæттытау, авджы ныффу кодта æмæ та йæ ус уым фе- стади. Фæндагыл та фæарфæтæ кодта, авг ын чи ралæвар кодта, уыцы æнæзонгæ лæгæн. Ныр цал æмæ цал хатты æрлæу- уыд йæ зæрдыл уыцы лæг! Уый руаджы хъахъхъæны йæ усы адæмы цымыдис цæстæнгасæй. Быдырæй куы 'рыздæхт, уæд та йæ авг фæфæлдæхта, 25
фæлæ фырдисæй сагъдауæй баззад — йæ разы лæууыди йæ ус, йæ фарсмæ та — рæсугъд æрыгон лæппу. — Мæнæ диссæгтæ! Авджы хъуыр æнгом æхгæд куы уыди, уæд ацы лæппу уым кæцæй февзæрд? Æвæццæгæн, æрыгон рæсугъд усы бахъахъхъæнын æнцон хъуыддаг нæу! — арф ныуулæфыди Чжан.
ЦÆСТЫТÆ V æддæр, дам, царди æмæ уыди иу фыд-зæр- дæ тыхджын сырд. йæ сæрыл зади дын- джыр сыкъатæ, йæ цæстытæ та ахæмтæ уыдысты, æмæ-иу цæмæдæриддæр кастаид, уый-иу æм, цы уыд, уымæй къаддæрæй зынди. Куыдз æм гæдыйæ стырдæр ыæ зынд, гæды йæм касти мысты йас, лæг та йын фондзаз- дзыд сывæллоны йас уыд. Бон-изæрмæ уыцы æнаккаг сырд хъæутыл зылди æмæ адæмы æфхæрдта, æлдариуæг сыл код- та. Æмæ, дам, уыцы сырд кæд уыди гал. Галы фыдмитæ иу зонынджын зæронд лæджы хъустыл æрцыдысты. Уый царди уæларвон галуаны. Лæг смæсты ис галмæ, йæ цæстытæ йын байста æмæ йын сæ бæсты радта хъазы цæстытæ. Галы цæстытæ та хъазыл бакодта. Æмæ уæд галмæ уыры гæдыйыйас зынын байдыдта, гæды — куы- дзыйас, фондзаздзыд сывæллон та — стыр лæджыйас. Но- джы-ма йæ йæ фыдмиты тыххæй та уæларвон лæг хуым кæ- ныныл бафтыдта, адæмæн кусыныл. Уæдæй фæстæмæ галмæ алцыдæр æцæгæй цы у, уымæй 27
стырдæр каесы, скоммæгæс ис, æрсабыр, суанг-ма йыл фондз- аздзыд сывæллон дæр тых кæны. Æмæ уæд хъаз та, хъаз? Уый, зæгъы, галы цæстытимæ схъæбатыр ис, æппындæр ницæмæйуал тæрсы. Чидæриддæр æм хæстæг бацæуы, адæймаг уа, фос уа, — йæ къубал ра- ивазы, йæ базыртæ ныппака кæны æмæ мæсты хъæр ныккæ- ны: «хъаз-хъаз-хъаз», цыма сæ тæрсын кæнынмæ фæхъавы, уый хуызæн.
æддæр, дам, царди иу паддзах æмæ ар- гъæуттæм хъусынæй фылдæр ницы уарзта. Паддзахæн бон-изæрмæ йæ сановниктæ аргъæуттæ код- той. Фæлæ-иу аргъау йæ тæккæ диссагдæр ранмæ куы ба- хæццæ ис, уæд та-иу фæци. Паддзах-иу ууыл тынг смæсты æмæ та-иу аргъаугæнæгæн йæ сæр акъуырын кодта. Фæстаг- мæ паддзах хуымæтæджы аргъæуттæм хъусынæй сфæлмæ- цыди, æмæ домдта, цæмæй йын ракæной, кæрои кæмæн нæ уыдаид, ахæм аргъау. Алы бон дæр-иу йæ чиновниктæ æмæ йæ салдæтты, аргъæуттæ йын чи дзырдтаид, ахæм адæмы ахсынмæ арвыста. Аргъаугæнджытæ архайдтой аргъæуттæн сæ тæккæ даргъ- дæртæ радзурыныл, фæлæ алы аргъауæн дæр -— стыр уа, æви чысыл—кæрон ис. Цыбыр ныхасæй, паддзах аргъаугæн- джытæн се 'ппæтæн дæр сæ сæртæ акъуырдта, иунæг дæр дзы æгасæй нал аирвæзт. Уæд иухатт паддзахмæ иу æрыгон лæппуйы æрбахуыд- 29
той. Лæппу ницæмæй фæтарст, афтæмæй æцæгæй дæр, кæрон кæмæн нæ уыд, ахæм аргъау ракодта: — Кæддæр, дам, раджы, царди æмæ уыди иу паддзах. Паддзах ахæм хъæздыг уыд, æмæ йæ хъæздыгдзинæдтæ ба- ыымайын никæй бон суыдаид. Йæ хортæн та ныккæнæн дæр нæ уыд. Уæд паддзах фæдзырдта пълотниктæм æмæ сæ хор- дон аразыныл бафтыдта, хордон та хъуамæ ахæм даргъ уы- даид æмæ йæ кæрон куыннæ зындаид. Незамантæй абонмæ ахæм хордон никуыма уыди. Хордоны хор ныккодтой æмæ йæ былтæй акалд. Æрмæст æм иу аипп уыди. Куы йæ арæз- той, уæд сын дзы иу ран æнæрхъуыдыйæ хуынкъ баззад, раст сырддонцъиу кæм батахтаид, ахæм хуынкъ. Иубон хор- донмæ æрбатахтысты сырддонцъиуты стыр балтæ. Фæлæ хуынкъ гыццыл уыди æмæ уал сырддонцъиутæй иу батахт, стæй ратахт, уый фæстæ дыккаг; стæй æртыккаг хоры гагамæ фæлæбурдта æмæ фæстæмæ ратахт; стæй цыппæрæм батахт, уый дæр хоры гагамæ фæлæбурдта æмæ ратахт; стæй ноджы иннæ батахт... Паддзах лæппумæ фыццаг тынг зæрдиагæй хъуыста, фæлæ «батахт-ратахт» йедтæмæ куы ницы дзырдта, уæд йæ- хи нал баурæдта, йæ ныхас ын фескъуыдта æмæ йæ ба- фарста: — Цæй, сырддонцъиутæ хор бахордтой, уый фæстæ та цы уыди? — Иууылдæр æй нæма фесты хæрд, тагъд ма кæн, — загъта лæппу. Паддзахы тынг фæндыди дарддæр цы баисты, уый базо- нын æмæ та ногæй афарста: — Æмæ дзырдæн зæгъæм, бахордтой йæ, уæддæр уый фæстæ цы 'рцыди? — Цæмæй уый фæстæ цытæ æрцыд, уыдæттæ базонай, уый тыххæй банхъæлмæ кæсын хъæуы, цалынмæ сырддонцъиутæ хоры гагатæ се 'ппæты дæр æруидзой, уæдмæ, — загъта лæппу. Паддзахы тынг фæндыди хъуыддæгтæ кæронмæ базо- нын, æмæ лæппуйæн бар радта аргъау дарддæр дзурыиæн. 30
Лæппу суанг изæрмæ афтæ фæдзырдта: «Батахт сырддон- дъиу, хоры гагамæ фæлæбурдта æмæ фæстæмæ ратахт». Цалдæр боны æнæрынцойæ лæппу дзырдта куы иу сырддон- иъиуы тыххæй, куы иннæйы. Нал та баурæдта паддзах йæхи æмæ та йæ афарста: — Нæма йæ фесты æппын уыгъд уыцы хоры? — Нæма, —дзуапп радта лæппу. Рæстæг цыди, аивгъуыдта-иу æхсæв, ралæууыдис-иу бон, фæлæ сырддонцъиутæ нæма фесты хор уыгъд. Паддзах мæстыйæ-мæстыдæр кодта. — Афон ын нæма у уыцы хорæн фæуынæн? — афарста та лæппуйы. — Ахæм стыр хордон æнцон авдæлонгæнгæ нæу. Бæрæг нæ уыди, цас рæстæг ма бахъуыдаид сырддон- цъиуты хор иу гагайы онг æруидзынмæ. Нал бафæндыд пад- дзахы дарддæр аргъаумæ хъусын æмæ дзырд радта, лæппу- йæн йæ сæр куыд акъуырой, афтæ. Фæлæ йын лæппу загъта: — Æз дын кæрон кæмæн нæй, ахæм аргъау куы кæнын, уæд мæ кæдæм марыс? Цы загътаид паддзах лæппуйы ныхæстæн? Ницы! Æмæ йæ йæ хæдзармæ ауагъта.
КЪÆЙДУРÆН КУЫД ТÆРХОН КОДТОЙ ухатт Бао-гун йæ насилкæйы сбадти æмæ судмæ араст хъуыддæгтæ æвзарынмæ. Фæ- цæуы уынгты æмæ уыны: рæстæгæй чи ныссау, ахæм къæйдурыл бады гыццыл лæппу, йæ фарсмæ бамбукæй быд карзинкæ. Лæппу йæ къухтæ йæ цæсгоммæ быцæу сарæзта, афтæмæй ставд цæссыгæй кæуы. Бао-гун насилкæхæсджыты æрлæууын кодта, лæппумæ фæдзырдта æмæ йæ фæрсы: — Чи дæ бафхæрдта, лæппу? Афтæ тынг цæуыл кæуыс? — Пончиктæ1 уæй кодтон. Райсомæй нырмæ ауæй код- тон дыууæ сæдæ сомы аргъ æмæ ме 'хцатæ карзинкæйы цæ- вæрдтон. Уалынмæ фокусник æрбацыди æмæ фокустæ æвди- сын райдыдта. Æз дæр æм мæнæ ацы дуры сæрæй кастæн. Фæлæ мæ карзинкæмæ куы 'ркастæн, уæд æхца уым нал уыд, — радзырдта лæппу æмæ тынгдæр ныккуыдта. Бао-гун лæппумæ фæхъуыста, стæй йе "рфгуытæ ал- хынцъ сты, ахъуыды кодта æмæ загъта: 1 Пончик — адджын гуыл хыссæйæ. 32
— Цыбыр ныхасæй де 'хцатæ уыдысты карзинкæйы, карзинкæ та лæууыди дурыл, афтæ нæ? Стæй де 'хцатæ цы- дæр æрбаисты. Уæдæ сæ уæд сыгъдæгæй ацы къæйдур адав- та, æндæр чи уыдаид? Хъахъхъæнджытæ! Æрбакæнут суд- мæ лæппуйы, æрбахæссут къæйдуры дæр, бафæрсын сæ хъæуы. Бао-гун къæйдуры фæрсдзæн, зæгъгæ, уыцы хабар, кæ- рæдзийы дзыхæй исгæйæ, уайсахат уынгтыл ахæлиу. Адæм дисгæнгæйæ æмбырдтæ кодтой суды хæдзармæ. Бао-гун залмæ æрбацыд, къæйдуры æрбахæссын кодта, æмæ йæ, суды лæгтæ кæм бадтысты, уыцы стъолы раз сæвæрдтой. Бао-гун йæ бынаты сбадт æмæ фæрсын байдыдта: — Зæгъ-ма, къæйдур, ацы лæппуйы æхца ды адавтай? Раст зæгъ, науæд дæ снæмын кæндзынæн, хъизæмарæй дæ амардзысты. Фæлæ дур дур у æмæ цы хъуамæ сдзырдтаид, куыд æй сæвæрдтой, афтæ æгуыппæгæй лæууыд. Смæсты ис Бао-гун, стъол тымбыл къухæй ныццавта æмæ хъахъхъæнджытæн загъта, къæйдуры куыд снæмой, афтæ. Худæг фæкасти уыцы хъуыддаг адæммæ. Фæлæ суды худæн нæй. Хъахъхъæнджытæ сæ лæдзджытæ дард фæхастой æмæ дурæн — хафт; хо- йынц къæйдуры æмæ лæдзджыты схъистæ алырдæмты тæ- хынц. Уæд адæм сæхи нал баурæдтой æмæ æмхуызонæй ных- худтысты. Бао-гун хойы фæйнæг, адæмы сабыр кæны. — Суды худæн нæй, уый нæ зонут? Хъахъхъæнджытæ, ардæм! Дуæрттæ сæхгæнут, иунæг адæймаджы дæр сæхимæ ма ауадзут! — хъæр кæны Бао-гун. Адæм сæ зонгуытыл æрхаудысты Бао-гуны раз, ныхха- тыр нын кæн, зæгъгæ. — Цæй, хорз, хатыр уын уæд, æрмæст уæ алчидæр фæй- нæ сомы ивар бафидæд. Кæд ууыл разы стут, уæд уæ уа- дзын, — загъта Бао-гун. Уый адыл хъахъхъæнджытæн стыр чан донимæ æрбахæссын кодта, æмæ йæ залы астæу сæвæрдтой. Адæмæн загъ- 3 Сызгъæрин бæх 33
та, чи куыд цæуа, афтæ уырдæм сом куыд æппара, афтæ, йæхæдæг дурыны раз слæууыд æмæ донмæ кæсы. Иу иннæ- йы фæдыл цæуынц адæм дурынмæ, æхца дзы æппарынц æмæ æнцад-æнцойæ сæхимæ цæуынц. Уалынмæ дурыны размæ иу лæг æрбацыд, уый дæр дзы æхца ныппæрста. Бао-гун донмæ ныккаст, доны сæрыл сойы цæппузыртæ абадт. — Ацы сывæллоны æхцатæ ды адавтай, куыдзы мыг- гаг, æмæ басæтт! Къæрных фæтарсти, фыртæссæй срызт. Бао-гун æм баджигул кæнын кодта, æмæ йæм хъахъ- хъæнджытæ ссардтои сæдæ нæуæдз фараст сомы, чанмæ цы сом ныппæрста, уыимæ та уыдысты дыууæ сæдæ сомы. Бао- гун æхцатæ лæппуйæн радта, стæй загъта, къæрныхæн ахъаззаг над куыд фæкæной æмæ йæ куыд атæрой, афтæ. Адæм бамбæрстой зонынджын Бао-гун къæйдуры цæ- мæн фæрсын кодта, уый, æмæ йæ уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр уарзын байдыдтой.
ухатт хæххон мыст тезгъо кæнынмæ рацы- ди æмæ фембæлди горæтаг мыстыл. Ны- хас сын бацайдагь, æмæ кæрæдзийы зæр- дæмæ фæцыдысты. Уæдæй фæстæмæ мыстытæ кæрæдзи арæх уынын байдыдтой æмæ тынг слымæн сты. Иуахæмы хæххон мыст горæтагæн афтæ зæгъы: — Байхъус-ма, мæ хойы гæбаз. Ды æдзух горæты цæ- рыс æмæ æвæццæгæн, горæтаг хæринагæй дæ зæрдæ фæ- цъæх и? Каед донджын гагадыргътæ ахæрдзынæ, уæд ма цом мемæ, æз дæ хорз фёнон! Горæтаг мыст уæлдай ницыуал загъта æмæ йæ хæххон мыст йæ хуынкъмæ скодта, къæбицæй æхсæртæ, картоф æмæ алыхуызон гагадыргъ рахаста æмæ йæ уазæджы фæхынцта. Горæтаг мыст разыйæ баззад йе 'мбалы хуындæй. Уый дæр хæххон мысты йæхимæ уазæгуаты хуыдта са- лæ, сæкæр æмæ печенитæ хæрынмæ. - ' ' 35«
Тынг ныцдин кодта хæххон мыст. Йæ цæрæнбонты ахæм хæринæгты хъæстæ никуыма фæци. Æмæ дыккаг бон рарасти быдырмæ. Йæ хæлар царди хæринæгты дуканийы пъолы бын, æмæ йæм æдзухдæр уыди хорз хæринæгтæ. Цæуылдæрты аныхас кодтой дыууæ хæла- ры, стæй пъолы бынæй рабырыдысты, сæкæр ахсыдтой, са- лæйæ дæр ахордтой. Хæххон мыст бафсæсти. Уалынмæ къуы- мы ауыдта стыр дурын. — Мæ хойы хай, — фæдзырдта горæтаг мыстмæ, — ам та цы ис? — О-о, уым царв, тынг сойджын æмæ хæрзад у, фæлæ дзы зæрдæ бира& нæ агуры. Кæд дæ фæнды, уæд æй фен! Хæххон мыст æфсæст уыди, фæлæ йæ уæддæр царвæй ацаходын тынг фæндыди. Горæтаг мыстæн загьта, йæ къæ- дзилыл ын дæндагæй куыд хæца, афтæ, йæхæдæг та дурынмæ ныббырдзæн. Царв уыд бур-бурид, рæсуг, дурыны бын дзы зынди. Хæххон мыст æрцауындзæг йæ къæдзилæй, цыма йæхи бандоныл æрцауыгъта, афтæ, æмæ гъа-мардзæ, царв сыл- лыпп кæны. Бастæрдта дзы йæ фаг æмæ йе 'мбалмæ хъæр кæны: — Мæ бон нал у, ел ас мæ ныр! Горæтаг мыст æй сласта æмæ йын афтæ зæгъы: — Цом ныр ардыгæй, цалынмæ ницы фыдбылызы ба- хаудыстæм, уæдмæ, ам кæмдæр хæстæг гæды рацу-бацу кæны æмæ нæ куы фена, уæд сæфæм! — Цæмæй тæрсыс, — дзуры йæм хæххон мыст, — ацы парв мæ зæрдæмæ тынг фæцыди, мæнæ мæ фæллад суадзон æмæ та дзы астæрдзынæн. Йæ фæллад суагъта хæххон мыст, æмæ куыд загъта, афтæ та дурынмæ ныббырыд. Быдираг мыст та йæ былыл бады æмæ йе 'мбалы къæдзилыл йæ дæндæгтæй хæцы. Уалынмæ дын дуар байтом æмæ дзы æрбазынди дын- джыр сау гæды. — Тагъд, мæ хойы хай, сбыр! — ныхъхъæр кодта горæ- 36
таг мыст æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йе 'мбалы къæдзил йæ дзыхæй феуæгъд ис. «Цæллахъхъ», зæгъгæ, фæцыди дурыны хуылфæй. Хæх- хон мыст царвы ныххаудта. Бæргæ ма афæлвæрдта сбыры- ныл, фæлæ æгæр ныууæззау. Афтæмæй йæ царв йæ бынмæ аласта.
СЫЗГЪÆРИН БÆХ арди æмæ уыди иу лæппу, йæ ном Сань-ва, зæгъгæ. Йæ мад æмæ йæ фыд тынг мæгуыр уыдысты, æлдарæн хъалон цæмæй бафыс- таиккой, уый дæр сæм нæ уыди. Æмæ æлдар Сань-вайæн сæ хæсы хыгъдмæ йæ фос лæвар хизын кодта. Сань-вайыл сæххæст фынддæс азы, дзæбæх æмбаргæ лæппу рауад, уадындзæй уасынмæ — дæсны. Иухатт æлдары фос хæхтæм хизынмæ аскъæрдта. Къуылдымтæ цъæх сойджын кæрдæгæй уыдысты гауызау æмбæрзт, æмæ фыстæ хизæнуæттыл апырх сты. Лæппу дæр йæ уадындз систа, нæзыйы бын дынджыр дурыл æрбадт æмæ ныууасыд. Афтæ рæсугъд цагъта йæ уадындз, æмæ йæм хъæды мæргътæ æрыхъуыстой; дзæгъындзæгтæ, бæлæттæ, бурцъиутæ, сырддонцъиутæ, халæттæ æртахтысты æмæ бæ- лæсты сæрмæ зилдух кодтой, цыма йын йæ цагъдмæ кафын- мæ хъавыдысты, уыйау. Суанг ма фыстæ дæр сæ хизын ныу- уагътой. Хъæлдзæг у Сань-вайæн йæ зæрдæ, æмæ йæ уадын- дзы цагъд дæр зæрдæйы иннæрдæм уымæн хизы. 38
Уалынмæ æвиппайды уæлдæфы цыдæр сгуыр-гуыр кодта. Лæппу арвмæ скаст æмæ хуссар-хурыскæсæнырдыгæй, æврæгъты сæрмæ, ауыдта сызгъæрин бæхы æрбацæйтæхгæ. Сань-ва дзы тæрсгæ дæр фæкодта, фæлæ йын æхсызгон дæр уыди; фестад æмæ йæ размæ азгъордта. Сызгъæрин бæх хæстæгдæр æрбатахт æмæ фиййауы раз йæхи æруагъта. Сань-ва йæм кæстытæ кæны: бæхæн йæ сæр — стыр, йæ къæдзил — хъуынджын, йæ барц — бæзджын, йæ хъ'истæ цыма сызгъæрин сты, афтæ æрттивынц. Бæх йæ хæлар цæс- тытæ байгом кодта, лæппумæ бакаст, стæй та уадындзмæ æмæ, йæ сæр батилгæйæ, загъта: — Мæ дунейыл уадындзмæ хъусыны йас ницы уарзын, дæ хорзæхæй, мæн тыххæй иу цагъд æркæн. Ныддис кодта Сань-ва, сызгъæрин бæх адæймаджы хъæлæсæй кæй дзуры, ууыл, дыууæ къахдзæфы фæстæрдæм а кодта æмæ сдзырдта: — Чи дæ ды? Хæйрæг ма у, миййаг? — Ма мæ тæрс Сань-ва, — фæстæмæ йæм дзуры бæх, — æз хæйрæг нæ дæн, æз уæларвон сызгъæрин бæх дæн. Æх- хуыс кæнын куыстуарзон адæмæн, фæлæ æввонгæй чи хæры, уыдоны нæ уарзын. Æз базыдтон, ды хорз лæппу кæй дæ, уый, æмæ дæм уымæн фæзындтæн. Сань-ва фæныфсджындæр, бæхмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йын йе 'рагъ рæвдауæгау æрсæрфта, бæх дæр йæ му- къутæ Сань-вайы къухыл хафы, — кæй йæ уарзы, уый уы- мæй æвдыста. — Хъус уæдæ, æз дын ацæгъддзынæн, — загъта лæппу, йæ уадындз систа æмæ æртæ цагъды фæд-фæдыл акодта. — Цы диссаджы цагъд кæныс! — ныддис кодта бæх. — Æз дæм иу хъуыддаджы тыххæй æрбатахтæн абон. Ацы хо- хы кæмдæр насы æвзар ныгæд ис, нырма хæрз гыццыл у, фæлæ йæм ды алы бон дæр суадонæй дон куы хæссай, уа- рын æмæ йæ дымгæйæ куы хъахъхъæнай, иу бон дæр æй дзæгъæл куы нæ уадзай, уæд нас рæзынмæ фæуыдзæн æмæ дидинæг ракалдзæн. Нас куы фæтымбыл уа, уæддæр æм алы бон дæр зил, хъахъхъæн æй. Æрмæст бынтондæр куы 39
сцæттæ уа, уæд-иу æй æртон. Куы йæ 'ртонай, уæд хуссары- рдыгæй цы къардиу ис, уый былмæ бацу æмæ, де 'ргом хохы- рдæм, афтæмæй насы æртæ хатты ныууигъ. Уæд хохы фахсыл байгом уыдзæн стыр кулдуар; ды ми- дæмæ бацу æмæ дзы фендзынæ бирæ сызгъæрин, стæй алы- хуызон зынаргъ дуртæ. Рахæсс, цы дæ фæнда æмæ дæ цас хъæуы, уыйбæрц. Уыцы бонæй фæстæмæ дæ æлдар никуыуал бафхæр- дзæн. Сань-вайы цинæн кæрон нал ис, сызгъæрин бæхæн цы хуызы раарфæ кæна, уый нал зоны. Иумæ ацыдысты насы æвзар агурынмæ, бæх разæй, лæппу йæ фæстæ. Ахызтысты цалдæр æхсæрдзæны сæрты, фæсте фæуагъ- той цалдæр хъæды къохы, стæй æппынфæстаг схæццæ сты хохы бæрзæндмæ æмæ уым ссардтой насы æвзар. — Ацы хохы бын ис суадон,—загъта сызгъæрин бæх,— уый сæрдæй-зымæгæй йæ фыцынæй не 'нцайы. Æмæ-иу насы æвзар уыцы донæй арæх пырх кæн. Миййаг дын истæмæй зын куы уа, уæд-иу дæ уадындзæй ныууас æмæ дæм æз зын- дзынæн. Уыцы ныхæсты фæстæ бæх мигъы къуымбилмæ сгæпп кодта æмæ арвы цъæхмæ стахт. Дыккаг бон Сань-ва фос хизынмæ ратардта æмæ йемæ чысыл хъæдын ведра рахаста. Фыстæ сæхицæн хохы рагъыл хызтысты, лæппу та насы æвзарыл дон кæнынмæ ацыд. Суа- донмæ дард уыди, ыоджы хæххон къахвæндаг кæрдæг æмæ сындзыты бын фæци, иннæ ахæм дзы дуртæй акъахдзæфгæ- кæн нæ уыд. Фæлæ СанЬ-ва, сызгъæрин бæхы ныхæстæ йæ зæрдыл даргæйæ, алы бон дæр цыди хохы бынмæ фыцгæ суадонæй хæссынмæ æмæ насы æвзарыл дон кодта. Уæдмæ сахуыр ис фæндагыл дæр, дуртæй йæ ссыгъдæг кодта, йæ кæрдæг ын барывта, сындзытæ стыдта. Насы æвзар рæзынмæ фæци, йæ хъæд ахæм даргъ ссис æмæ йæ Сань-ва гыццыл нæзы бæласмæ бабаста; мæйырдæ- джы фæстæ нас урс дидинæг акалдта, стæй йыл æлхыицъæг- тæ фæзынди. Уалынмæ йыл гыццыл цъæх нас куы федта, 40
уæд фырцинæй йæ зæрдæ скафыд, æмæ йыл ноджы æнувыд- дæрæй райдыдта дон кæнын, тагъддæр кæд ацæттæ уаид æмæ йæ мæгуыр цардæй фервæзид, зæгъгæ. Суанг ма йæ насыл зарæг дæр скодта. Æмæ-иу суадон- мæ куы фæцæйцыд, уæд алы хатт дæр уыцы зарæг зарыд. йæ зарæджы кæй кой кæны, уый ничи æмбæрста, Сань-ва та йæ хъæр никæмæн кодта. Иухатт изæрæй тыхджын дымгæ рацыди, мигътæ арв æрбахгæдтой, мæнæ уарыны размæ куыд вæййы, афтæ. Сань-ва катайы бацыд, йæ фысты лæгæтмæ баскъæрдта, йæхæдæг йæ насмæ азгъордта. Кæсы æмæ дымгæ насы дыу- уæрдæм ратас-батас кæны; Сань-ва батахт æмæ йæ йæ аууон акодта. Уалынмæ их ныккалдта æмæ насы сыфтæ хойы. «Цымæ бафæраздзæн мæ нас ацы фыдбонæн?» — ахъуыды кодта лæппу æмæ йæ цæст йæ алыварс ахаста, нас цæмæй æрæмбæрза, ахæм исты ссарыны зæрдæйæ. Насæн дарддæр афтæ уадзæн нæ уыди. Сань-ва ныггуыбыр кодта æмæ йæ йæхицæй бамбæрзта. «Исты амалæй æнæхъæнæй куы аирвæзид, уæд сызгъæрин бæхæн куыд æхсызгон уаид» — дзуры йæхинымæр. Æрмæстдæр бонырдæм банцадысты уарын æмæ дымгæ. Сань-ва æхсæв-бонмæ йæ цæст дæр не 'рцъынд кодта, тынг бафæллад æмæ ныр насы фарсмæ стыр дурыл афæлдæхт æмæ тар фынæй баци. Уыцы рæстæг зæронд æлдар та лæппумæ æнхъæлмæ касти. Мæт кодта, уыцы уарыны фос цæуылнæ скъæры, ууыл. Фыртыхстæй йæ лæдзæг раскъæфта æмæ фосагурæг хохмæ рарасти. Æлдар афтæ тагъд цыди, æмæ-иу йæ къах дурыл скъуырдта, ахаудис-иу, фæстæмæ фестад æмæ та-иу дарддæр азгъордта. Цъыфæйдзæгтæй, йæ хид йæ къæхты бынæй акалд, афтæмæй хохы сæрмæ схылди. Кæсы æмæ Сань-ва насы сыфты бын тар фынæй кæны. — Æ, куыдзы хъыбыл, гъе, мæнæ кæм и, мæнæ! Æз та йæм уым æнхъæлмæ кæсын! Уæлæмæ, дын зæгъын! — сыр- дау ныббогъ кодта æлдар æмæ йæ лæдзæг дард фæхаста. 41
Сань-ва йæ мидфынмæ афтæ бамбæрста, цыма йын исчи йæ нас давынмæ æрбацыд, æмæ уыцы-иу гæпп фæласта. — Цæмæн ныууагътай фос дзæгъæл, цæуылнæ сæ æр- батардтай афоныл хæдзармæ? — хъæр кæны æлдар. Сань-ва зыдта, зæронд Мæрддзæст (йе 'ххуырстытæ æл- дары афтæ хуыдтой) уырдæм йæ фысты тыххæй кæй ссыди, уый. Гæды ныхæстæ кæнын нæ зыдта æмæ йын сызгъæрин бæхы æмæ насы æвзары тыххæй æппæтдæр радзырдта. Мæрддзæст уайтагьд ахъуыды кодта, стыр хъæздыгдзинæд- 1æ йæ къухы бафтæн кæй ис, ууыл; фæфæлмæндæр, йæ лæ- дзæг фехста æмæ йæхи Сань-вайæн тæригъæдгæнæг скодта: — Мæхи гыццыл лæппу, хæрзаг тынг бафæлладтæ? Æз дæ хицау дæн æмæ дын хъуамæ тæригъæд кæнон. Уый мæ хæс у. Цу нæхимæ, дæ фæллад суадз, насыл æз дæ бæсты кæндзынæн дон, зилдзынæн æм. Сань-ва йын раарфæ кодта æмæ хъæумæ рацыди. Зæронд Мæрддзæст иунæгæй куы баззад, уæд лыстæг фæракæс- бакæс кодта насмæ. Нас уыди уæззау, æрттиваг цъар ын, хуымæтæджы насы хуызæн æппындæр нæ уыд. — Сызгъæрин мæгуыры къухы нæ фидауы. Фыдæлтæй нырмæ дæр Сань-вайы мыггаг мæгуыр куы уыд, уæд æм ныр ахæм амонд кæцæй æрхауд? Нæ фæлæ уыцы стыр амонд уæларвон тыхтæ æвæццæгæн мæнæн æрæрвыстой. Хъæздыг- дзинады хуыцау сызгъæрин бæхы хуызы уæларвæй æрхызт æмæ Сань-вайæн нас схъомыл кæнын кодта, цæмæй мæнæн хъæздыгдзинæдты æвæрæн байгом уа, уый тыххæй, — дзырд- та æлдар йæхицæн, — стæй насмæ бакасти æмæ дарддæр йæ ныхас кодта: — Иугæр мын хуыцау, цæмæй схъæздыг уон, уый сныв кодта, уæд ма насæн йæ хæрз цæттæмæ дæр цы кæ- сон? Насмæ зилын æмæ йыл дон кæнын — уый мæгуыры хъуыддаг у, æз та хицау дæн æмæ хъуамæ мæхи сау адæми- мæ ма барон. Мæрддзæст цалдæр хатты хуыцауæн йæ сæрæй акуывта арфæ кæныны хуызы æмæ нас æртыдта. Сань-ва куыд дзырд- та, афтæ тагъд-тагъд хуссарырдæм ацыд, бæрзонд хохыл ахызт æмæ йæ хуссайраг фахсыл æцæгæйдæр ауыдта айнæг 42
къæдзæх. Ныццин кодта зæронд Мæрддзæст, лæппу куыд дзырдта, хъуыддæгтæ иууылдæр афтæ кæй цыдысты, ууыл. Нас систа, йе 'ргом къæдзæхырдæм азылдта æмæ йæ æртæ хатты ныууыгъта. Гыбар-гыбур бæстæ ныццарыдта. Къæ- дзæхы байтом ис иу стыр лæгæт, мидæгæй сызгъæрин æмæ алы зынаргъ дурæй æрттывтытæ калдта. Зæронд Мæрддзæстæн фырзыдæй йæ цæстытæ рацæй- хаудтой. Нас иуварс фехста æмæ лæгæты смидæг и. Алыхуызон зынаргъ дуртæ цæхæртæ калдтой, арвырдынау алы- хуызты хъазыдысты. Раст цыма æппæт бæстæйы зынаргъ дуртæ иууылдæр уыцы лæгæты æрæмбырд кодтой, афтæ зынди адæймагмæ. Æлдар куы иумæ фæлæбуры, куы иннæмæ. Йæ дзыппы- тæ байдзаг кодта, йæ рæтты тъыссæнтæ кæны, фæлæ уæд- дæрутæппæт сызгъæрин æмæ алыхуызон зынаргъ дуртæн сæ фондзыссæдзæм хай рахæссын дæр йæ бон нæ уыди. «Уæ- дæмæ нæхимæ азгъорон æмæ иу фондзыссæдз хæрæджы ив- тыгъдæй æрбакæнон», — ахъуыды кодта Мæрддзæст. Рацæ- уынмæ куыд хъавыд, афтæ та гыбар-гыбур бæстæ ныцца- рыдта, æмæ лæгæты дуæрттæ кæрæдзимæ æрбацыдысты. Дынджыр дуртæ лæгæтмæ æрбахизæны ацæнд сты, æмæ æлдар цæрдудæй лæгæты баззад. Куы æризæр, уæд Сань-ва хохы цъупмæ ссыд; кæсы, æмæ нас — тынд, æлдар уым нал. Лæппу адæргæй къæдзæ- хы хуссайраг фахсмæ азгъордта æмæ йæ нас зæххы ссард- та. Бамбæрста Сань-ва: æлдар лæга^т байтом кодта, сызгъæ- риытæ рахаста æмæ сæхимæ ацыди. Фæстæмæ аздæхыны размæ Сань-ва сфæнд кодта йæ амонд бавзарын. Нас систа, къæдзæхырдæм йе 'ргом азылдта æмæ насы æртæ хатты ныууыгъта. Фæлæ къæдзæх змæл- гæ дæр нæ фæкодта; ноджыдæр та бауыгъта Сань-ва насы, фæлæ къæдзæх уыцы æнæзмæлгæйæ лæууыд. Уæд лæппу ставд цæссыгæй ныккуыдта. Кæуы æмæ æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыдысты сызгъæрин бæхы ныхæстæ: «Истæмæй куы тыхсай, уæд-иу дæ уадындзæй ныууас, æмæ дæм æз зындзынæн». 43
Сань-ва йæ уадындз систа, йæ былтæм æй схаста æмæ цагъд нæма фæци, афтæ сызгъæрин бæхы ауыдта: иу мигъæй иннæ мигъмæ гæпгæнгæйæ, бæх æрбацæйтахт Сань-вамæ. Лæппу цингæнгæйæ йæ размæ азгъордта. — Мæ зынаргъ хæлар, мæ сидтмæ фæзындтæ? — ныхъ- хъæр æм кодта лæппу. Бæх æй бафарста, цы 'рцыди, уымæй, æмæ лæппу ра- дзырдта, хъæздыг æлдар нас цъæхæй куыд æртыдта æмæ йæ зæхмæ куыд аппæрста, уыдæттæ. — Зæронд Мæрддзæст лæгæты дуар бакодта, фæлæ фæстæмæ лæгæтæй рацæуын йæ бон нал сси, уымæн æмæ нас хæрз цæттæ нæма уыди. Æлдар æгас нал у. Зыд адæй- маджы йæ митæ хорзмæ никуы æркæнынц, — загъта бæх. — Уæдæ æз нас куы ныууыгътон, уæд лæгæты дуар цæ- уылнæуал байгом ис? — бафарста лæппу. — Ацы насæй дуарæн бакæнæн уыди æрмæстдæр иунæг хатт, фæлæ ды мæт ма кæн, Сань-ва. Насмæ та фыццаджы хуызæн куы зилай, дон ыл куы кæнай, уæд ног æвзар суадз- дзæн. Стæй уымæй нас куы сзайа, уæд æй хæрз цæттæ ба- уадз, уый фæстæ дæ уадындзы уастæй мæнмæ фæдзур, æз фæзындзынæн, иумæ лæгæты дуар бакæндзыстæм æмæ сыз- гъæринтæ рахæсдзыстæм. Уыцы ныхæсты фæстæ сызгъæрин бæх мигъмæ стахт æмæ арвы цъæхы цыдæр æрбаци. Сань-ва та фыццагау насмæ зилын байдыдта, дон ыл кодта. Дыууæ бонмæ нас дидинæг рафтыдта, ног æлхын- цъæг ыл фæзынд. Алы бон дæр æй лæппу донæй пырх кодта æмæ нас дæр рæзыд, уæдæ цы. Фынддæс боны фæстæ бын- тондæр сдынджыр, мæйы фæстæ та цæттæ сси. Уæд Сань-ва уадындз райста æмæ дзы ныууасыди. Сызгъæрин бæх æм уæларвæй æртахт. Нас сцæттæ ис, уый куы федта, уæд æй Сань-вайæн æртонын кодта, æмæ иумæ араст' сты айнæг къæдзæхмæ. Бæх лæппуйы къæдзæхырдæм слæу- уын кодта, æмæ æртæ хатты нас ныууыгъта. «Хун-лун, хун-лун», — ныггыбар-гыбур кодта æвиппай- 44
ды къæдзæх, дуар байгом æмæ нымæц кæмæн нæ уыд, уыцы зынаргъ дуртæй рагъ ныррухс и. Сызгъæрин бæх Сань-вайы лæгæтмæ бакодта æмæ уым æлдары мард ссардтой. Бæх æххуыс кодта лæппуйæн се 'ппæтæй зынаргъдæр дуртæ æвзарынмæ: алмазтæ, налхъуыт- налмастæ æмæ æндæртæ. Лæппу дзы иудзæвгар систа æмæ лæгæтæй рацыдыеты. Дуæрттæ сæхæдæг сæхи сæхгæдтой. Уæд сызгъæрин бæх Сань-вайæн афтæ зæгъы: «Ныр дын æххормагæй тас нал у, фесты дæ тухитæ. Ацы сызгъæринтæ дын цалынмæ цæрай, уæдмæйы фаг сты. Æлдарæн дæ кусын нал хъæудзæн, фæлæ йæ дæ зæрдыл дзæбæх бадар: æрмæст- дæр зындзинæдтæ бавзаргæйæ ис фæцæрæн хъæлдзæг бон- тæм».
УЕЗДЫ ХИЦАУ ÆМÆ ХИЛДАСÆГ цы хабар зæрæдтæ арæх фæдзурынц. Ра- джы кæддæр, дам, Люйляны хæхты рæбын царди иу хъæздыг цуанон. Æмæ дам-иу куыддæр йæ цæст сырды ацахста, афтæ иу-ыл уайтагъд йæ фат сæмбæлди. Сæхимæ-иу кæддæриддæр æрыздæхти дзаг армимæ: æрхаста-иу бирæ тæрхъустæ, алыхуызон маргъы æмæ сырды мыггæгтæ. Æнæхъæн зылды дæр зыдтой, куыд рæстдзæф у, уый. Уалынмæ рацæй-рабон æмæ цуаноны æфсадмæ акодтой. йæхи рæстдзæф æмæ хъæбатырæй кæй равдыста, бирæ знæг- тæ кæй ныццагъта, уый тыххæй цуанон афицер сси. Афтæ- мæй, уæлæмæ-уæлæмæ цæугæйæ, уезды хицауы бынатмæ схæццæ. Хицау куы сси, уæд никæуылуал æрвæссыд, — схъал и. Сызгъæрин, æвзист æмæ йæм алы зынаргъ дуртæ фæзынди уæлдайджынтæй, ракуырдта бæсты рæсугъд чыз- джы æмæ йæхицæн æнцад-æнцойæ царди. Бæргæ уыди алцæмæй дæр разы, хъаст ницæмæй кодта цуанон, фæлæ ахæм æнæмæт цардыл ахуыр нæ уыд æмæ 46
æнкъард кæнын байдыдта. Гыццыл лæппуйæ нырмæ сырд- тыл цуан кæнын сахуыр, стæй æфсады йæхи хъæбаты- рæй равдыста, ныр та йæ бон-изæрмæ æнцад бадын хъуыдис. Æмæ йын уæд йæ дæлбартæ æрхъуыды кодтой ахæм хиирхæфсæн: ахæстонæй-иу ахст лæджы ракодтой, къулрæ- бын-иу æй нысанæн слæууын кодтой, æмæ-иу æм уезды хицау ныхъхъавыд. Фæлæ-иу æхсгæ та афтæ фæкодта, цæмæй- иу йæ фат ахст лæгæй чысыл рахизырдæмдæр, кæнæ гали- уырдæмдæр ныссагъдаид. Æмæ-иу мæгуыр лæгæн йæ уд сцæйхауд. Ахæм рæстæг-иу хъуамæ йæ ус дæр лæууыдаид йæ фарсмæ æмæ кастаид йæ лæджы митæм. Иухатт уезды хицауæн йæ зæрды æрæфтыд йæхи ныд- дасын. Йæ лæггадгæнджытæ йæм æрбакодтой иу арæхст- джын хилдасæджы. Уый иннæ хилдасджыты хуызæн нæ уы- ди. Уыдон сæрдасæныл фидар хæцыдысты, афтæмæй дастой, ай та-иу сæрдасæн хæрдмæ фехста, стæй йæ рацахста æмæ афтæмæй даста. Уезды хицау йæ сæр куы цæхсадта æмæ бандоныл куы æрбадт, уæд хилдасæг йæ сæрдасæн хæрдмæ фехста. «Ныр- тæккæ сæрдасæн куы æрхауа, уæд мын мæ сæры фахс æр- даудзæн», зæгъгæ, уезды хицауæн фыртæссæй йæ сурхид акалди. Фæлæ хилдасæг сæрдасæны рацахста æмæ йæ уезды хицауы сæры хъуынтыл æрхаста. Стæй та йæ ноджыдæр хæрдмæ фехста, рацахста та йæ, æмæ та дзы æрдаста. Æмæ- иу алы хатт дæр сæрдасæн дæлæмæ куы 'рцæйхауд, уæд-иу уезды хицауæн йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад. Фæлæ йæ тарстдзинад æддæмæ 'вдисын нæ уæндыд, «æз, уезды хицау уæвгæйæ, фатæй — дæсны, афтæмæй тæрсгæ кæнын, уый куы раргом уа, уæд мæ адæмы цæсты ницуал кад уыдзæн»,— хъуыды кодта йæхинымæр æмæ бадти, уæдæ цы. Æппынфæстаг уезды хицауы сæр даст фæци. Бандонæй куы сыстад, уæд йæ дзаумæттæ фырхидæй уыдысты хуы- лыдз. 47
— Цы кодтай? — бафарста йæ ус, лæг уатмæ йæ дзау- мæттæ ивынмæ куы базгъордта, уæд. — Æз фатæй кæмæ фæхъавын, уыцы ахст адæмы азар мæ басыгъта, мæхæдæг сæ цармы тыхт фæдæн ацы хатт, — загъта лæг йæ усæн. Уæдæй фæстæмæ, дам, уезды хицау фат æмæ æрдынæй йæхи никуыуал ирхæфста.
ывæллæттæ, ау, сымах уæртджын хæфс Лу-ины нæ зонут? Мæнæ денджызы был айнæджы скъуыды чи цæры, уыцы Лу- ины! Нæ зонут, уæдæ, нæ? Уый хъыгаг хъуыддаг у. Лу-ин æрыгон нал у, сырдтæ йын стыр аргъ кæнынц. Цæуы йыл æртæ сæдæ азы, бирæ федта йæ царды мидæг, æмæ цы ра- дзура, уый йæм ис. Фæлæ иу хъуыддаг Лу-ин никуы никæ- мæн радзырдта. Уый та у, маймулиимæ куыд балымæн ис, уыцы хабар. Æмæ йæ ныртæккæ сымах дæр бамбардзыстут, Лу-ин ууыл дзурын цæуылнæ. уарзы, уый. Цæвиддоны хъуыддагæй, иухатт уæртджын хæфс Лу-ин денджызы былмæ йæхи ирхæфсынмæ ацыд. Афтæмæй фем- бæлд маймулийыл, æмæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты. Уæд уæртджын хæфс афтæ зæгъы: — О, кадджын макакæ! Æз рагæй бæллыдтæн маймулиимæ балымæн уæвынмæ. Æз тынг амондджын дæн, демæ кæй базонгæ дæн, уымæй. Маймули дæр ын уæд загъта: 4 Сызгъэерин бæх 49
— Æз кæцæй кæдæм фæцыдтæн дæу фенынмæ, æхсин Лу-ин, уый куы зонис! Дæ зондджын ныхæстæм фаг фæхъу- сынмæ, стæй дæ рæсугъддзинад æмæ дæ хæрзконд гуыры кондмæ кæсынмæ. Кæрæдзийæн ахæм æхсызгон, æппæлæн ныхæстæ кæн- гæйæ, сындæггай æрбахæццæ сты уæртджын хæфсы цæрæн- бынатмæ. — О, æгъдауджын макакæ, — загъта Лу-ин. — Самонд- джын мæ кæн, дæ хорзæхæй, æмæ мемæ сихор бахæр. Лу-ин маймулийы хорз федта диссаджы сæтæлхъузгтæй, нард бындзытæй æмæ денджызаг къабускайæ. Адджинагæн стъолыл æрæвæрдта гыццыл алыхуызон медузæтæ. Сихор куы бахордтой, уæд Лу-ин рацыд йæ зынаргъ уа- зæджы фæдыл, ахæццæ йæ кæнон, зæгъгæ. Маймули царди хæстæгдæр хъæды. Бон уыди райдзаст, касти хур, фæндаг — рæсугъд, æмæ цæуынæй æппындæр нæ бафæлладысты. — Æрбахæццæ стæм, — загъта макакæ æмæ иу бæр- зонд ставд пальмæйы бын æрлæууыди. — Мæ хæдзар ацы бæласы цъуппыл ис, — ацамыдта уæлæмæ. Дæ хорзæхæй, кадджын Лу-ин, мæ мæгуыр хæдзарыл барвæсс. — Хæларзæрдæ макакæ, — фефсæрмы ис Лу-ин, — æмæ æз бæлæстæм хилын куы нæ зонын. Æз доны ленк кæ- нын, денджызы бынмæ ныххизын, бындзытæ ахсын, фæлæ бæлæстæм хилын... Нæ-æ-æ. — Æмæ дзы цы хъæуы! — фæхъæр кодта дзырдарæхст маймули. — Мæнæ мæ къæдзилыл дæ дæндæгтæй фидар хæц, æндæр тæрсгæ мацæмæй кæн. Маймули йын куыд бацамыдта, Лу-ин афтæ бакодта. Маймули бæласыл хæрдмæ хилын байдыдта. Лу-ин ду- немæ ахæм бæрзондæй никуыма ракасти. Йæ улæфт-иу фыр- тæссæй ахгæдта. Макакæ хылди уæлдæрæй-уæлдæр, йæ къæдзилыл кадджын Лу-ины ласгæйæ. Æппынфæстаг схæццæ сты маймулийы хæдзармæ. Макакæйы лæг йæ сæр рудзын- гæй радардта æмæ цинæйдзаг хъæр ныккодта: — Куыд æхсызгон мын у, нæ мæгуыр хæдзармæ ахæм диссаджы уазæг кæй саккаг кодта, уый! 50
Æнæгæды куы зæгъæм, уæд уæртджык хæфс хæрзæгъ- дау, уæздан ныхасæн кæддæриддæр дзуапп уæздан ныхасæй лæвæрдта. Фæлæ Лу-ин маймулийы лæгæн цы зæгъынмæ хъавыд, уый ничи базыдта, уымæн æмæ куыддæр йæ дзых схæлиу кодта, афтæ маймулийы къæдзил феуæгъд, æмæ Лу-инæн йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Ахæм бæрзæндæй ратахт, мæгуырæг, æмæ, гыццыл ма бахъæуа, йæ бæрзæй ныссæтта. Маймули дæлæмæ æргæпп кодта æмæ йе 'нæрхъуыды уазæгæн зæрдæтæ æвæрыныл фæци. Лу-ин йæ хъæрзтæй куы банцад, уæд ын Макакæ афтæ зæгъы: — Дæ хорзæхæй, мæ къæдзилыл фидар хæд æмæ мæ лæджы ныхæстæм мацыуал сдзур. — Иунæг ныхас дæр нал скæндзынæн, — фæлмæн хъæ- лæсæй загъта Лу-ин. — Дзырд дын дæттын. Æмæ та макакæ ногæй пальмæйы цъупмæ хилын бай- дыдта, йæ фæдыл уæртджын хæфс Лу-ины ласгæйæ. Сæ раз- мæ та маймулийы лæг рауади. — Дæхи нæ ныццавтай? — тæригъæдгæнаг хъæлæсæй бафарста Лу-ины. — Ахæм хъыг мын уыди, ахæм, дæ ахауд æмæ куыд зæгъон... — «Цы уæздан гæспæдин у», — ахъуыды кодта йæхи- нымæр уæртджын хæфс æмæ дзы æппæтдæр æрбайрох, аф- тæмæй сдзырдта: — Бу... Лу-ин «бузныг» зæгъинаг уыди, фæлæ та йæ ныхас æр- дæгыл фескъуыди, уымæн æмæ куыддæр йæ дзых байгом кодта, афтæ та зæххыл сæмбæлд. Лу-ин нал разы кодта æртыккаг хатт маймулийы хæ- дзармæ хилыныл, фæлæ йын макакæ ахæм лæгъстæтæ, ахæм къæхтæстæрæн митæ кодта, æмæ Лу-ин сразы ис йæ амонд æртыккаг хатт бавзарыныл. Фæлæ та куыддæр бæласы цъупмæ схæццæ сты, афтæ макакæйы лæг фæхъæр кодта: — Хуыцауы тыххæй, хаугæ та акодтай? 51
— О, — сдзырдта уæртджын хæфс æмæ та зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Ацы хатт, мæгуырæг, Лу-ин йæхи афтæ тынг ныццавта, æмæ йæ зæрдæ бахъарм. Стæй йæхи куы 'рæмбæрста, уæд уаитагъд сæхимæ цæуыныл фæци. Дзæгъæлы ма лæгъстæ кодта макакæ уæздан Лу-инæн, мæ халагъуд мын æнæфенгæ ма фæу пальмæйы цъуппыл, зæгъгæ. Лу-ин æм нал бай- хъуыста. Дыккаг бон райсомæй макакæ арасти йе 'зноны уазæ- джы бабæрæг кæнынмæ. Лу-ин, йæ ног хæлармæ ракасти рухс цæстæй. — Цы хорз у, кæй æрбацыдтæ, уый, — загъта уæртджын хæфс. — Æз мæхи денджызмæ рабалц кодтон, чысыл мæхи аирхæфсон. Цом, мемæ дæ хонын. — Æмæ æз ленк кæнын æппындæр куы нæ зонын, хæ- ларзæрдæ Лу-ин. Бæлæстæм хилынмæ дæсны дæн, иннæ ахæм цъиуты ахстæттæй æйчытæ давынмæ, æртæ къахыл цæ- уынмæ, суанг дыууæйыл дæр, фæлæ доны уæлцъарыл иу цъусдуг дæр мæхи бауромын мæ бон нæ бауыдзæн. — Ницы кæны! — фæхъæр кодта уæртджын хæфс. — Мæнæ ме 'рагъыл сбад æмæ æппындæр тæрсгæ мацæмæй кæн. Маймулийæн лæгъстæ кæнын нæ бахъуыди. Уæртджын хæфсы рагъмæ сгæпп кодта, æмæ денджызы аленк кодтой. Макакæмæ фыццаг хорз фæкасти ахæм диссаджы балц. Алкæцы маймулийæн йæ къухы нæ бафтдзæн, уæртджын хæфсы рагъыл бадгæйæ, денджызы ленк кæнын. Фæлæ уаитагъд æнкъард кæнын байдыдта. Гъер ма уæхæдæг ахъуыды кæнут: дæ алыварс кæдæм фæнды дæр акæс, — алы ран дæр дон æмæ дон, дон æмæ дон. Диссагæй дзы цы ис? Уалынмæ æвиппайды маймули чыр-чыр кæнын байдыдта: Лу-ин бæласы сæрæй зæхмæ куыд æрхауд, уый йæ зæр- дыл æрбалæууыди. — Курын дæ, æмæ ма раздыхс-баздыхс кæн! — загъта йын Лу-ин. — Ме 'згъæр хæдонæй фæбырдзынæ, миййаг, тынг бырынцъаг у. 52
Фæлæ маймули йæ худын нæ урæдта. йæ зæрдыл æрбалæууыд, Лу-ин бæласæй дыккаг хатт куыд расхъиудта, уый, æмæ фырхудæгæй бакъæцæл. — Æнцад бад! — фæхъæр кодта Лу-ин мæсты хъæлæ- сæй. — Цæуыл худые? Маймулийæн йæ цæстытыл ауад, Лу-ин æртыккаг хатт куы рахауд æмæ сæхимæ куы фæраст, уæд ын цы худæджы хуыз уыдис, уый. Æмæ, фырхудæгæй дыдæгътæ кæнгæйæ, загъта: — Мæ зæрдыл ... мæ зæрдыл æрбалæууыд, знон... ды знон ... Ха-ха-ха! Маймули кæм бадти, уый дзы бынтондæр ферох, аф- тæмæй уæртджын хæфсы згъæр цъарыл афтæ стæлфыд æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, доны куыд смидæг, дон йæ дзыхы куыд бакалд æмæ куыд фæдæлдон ис, уый. Уæдæй фæстæмæ зæронд дзырддзæугæ уæртджын хæфс маймулитæм хæстæг нал æрцыд.
ДУРЫН ЧЫНДЗ N4 у мæгуыр усæн, йæ ном Сю-ин, зæгъгæ, зæнæг æрæгмæ цыди, афтæмæй йæ тынг фæндыди, чызг ын куы уыдаид, уый. Чыз- гæн ис чындзы раттæн — стыр ирæд дзы райсæн, æмæ зæ- ронды бонтæм æнæмæтæй цæрæн. Фæлæ Сю-инæн райгуырди лæппу, æмæ йæ йæ мад сфæнд кодта адæмæй басусæг кæнын. Цалынмæ сывæллон гыццыл уыди, уæдмæ йын йæ уæлæ кодта чызджы дарæс. Стæй куы фæхъомыл и, уæд æй Сю-ин дæрддаг хъæумæ на- намæ арвыста. Афтæмæй Сю-ины сусæгдзинад нæ рахъæр ис. Уалынмæ рацæй-рабон, æмæ сæ сыхаг хъæуы иу хъæз- дыджы хъустыл æрцыди Сю-ины чызджы кой. Хъæздыг лæг сфæнд кодта чызджы йæ гыццыл лæппуйæн ракурын. «Мæгуыр хæдзары чызг у, стæй мæ фыртæй бирæ хис- тæр, — хъуыды кодта хъæздыг лæг, — фæлæ ницы кæны, хæдзары куыстытæн хорз уыдзæн, стæй куынæуал хъæуа, уæд æй атæрдзыстæм». Сю-ин йæ «чызджы» тыххæй стыр ирæд райста, æвзист 54
æмæ сызгъæрин — бирæ, стæй чындзæхсæвы боны тыххæй дæр баныхас кодтой. Чындзæхсæвы бон Сю-ин йæ фырты сæхимæ æрбакод- та, чындзы хуызæн æй сарæзта æмæ йын загъта: — Абон дæ аласдзысты сиахсы хæдзармæ, фæлæ ды мацæмæй тæрс, æз дын куыд бацамонон, афтæ-иу кæн. Уый фæстæ лæппуйæн йæ фæнд радзырдта. Уалынмæ æрбайхъуысти барабанты гыбар-гыбур æмæ уадындзты уасын. Æрбазынди рæсугъд, нывæфтыдтæ паланкин1, хастой йæ цыппар лæгæй. Хъæуы адæм згъордтой Сю-ины хæдзары размæ, чындзы куыд рацæйкæндзысты, уый фенынмæ. Уынджы азмæ- лæнтæ нал уыди, адæм уыдысты хъæлдзæг, хæрзарæзт па- ланкинмæ кæсгæйæ, кæрæдзийæн цыдæртæ дзырдтой. Уæдмæ Сю-ин, «чындзы» къухыл хæцгæйæ, хæдзарæй рацыди; чындзæн йæ уæлæ — сырх къаба, йæ дзыккутæ — тымбыл тыхт æмæ сæрыл сызгъæрин сæрдзæвæнтæй фидар- гонд. Ныр «чындз» лæппу кæй у, уый чи банхъæлдтаид! Сю-ины фырт паланкины сбадти, уаргъхæсджытæ паланкин систой æмæ йæ хъæуы уынгты ахастой. Ноджы тынг- дæр ныггыбар-гыбур кодтой барабантæ, ноджы цъæхснаг- дæрæй ныууасыдысты уадындзтæ. Уаргъхæсджытæ цыдысты тагъд æмæ уайсахат хъæуæй адард сты. Бон уыди тынг тæвд, æмæ уаргъхæсджытæн сæ хид сæ къæхты бынæй акалд. Чысыл-ма куы ауадысты, уæд сæ фæллад суадзынвæнд скодтой. Паланкин зæхмæ æруагъ- той, сæхæдæг йæ цуры æрхуыссыдысты, æмæ уаитагъд сæ хуыр-хуыр ссыди. Сю-ины лæппуйы дæр ма хуыздæр цы хъуыд? Сæ хуыр- хуыр сын куы айхъуыста, уæд сындæггай паланкинæй ра- хызт æмæ къудзиты амбæхсти. Йæ уæлæйæ чындзы дзаумæттæ раласта, йæ дзыккутæ Хъæздгуыты кæм хæссынц, ахæм хæрзарæзт насилкæ. 55
æруагъта, йæхи дарæс скодта æмæ та цы уыди, уый фестад. Кæй бауырныдтаид, лæппу чысыл раздæр чындз уыди, уый. Уæдмæ уаргъхæсджытæ дæр райхъал сты, кæсынц æмæ сæ чындз цыдæр фæци. Къудзиты йæ агурын райдыдтой, хъæр æм кæнынц, фæсус дæр ма ныйисты фырхъæрæй, фæ- лæ «чындз», зæххы скъуыды ныххауæгау, фæдæлдзæх ис. Фæтарстысты уаргъхæсджытæ æмæ кæуын райдыдтой. Уæд сæм лæппу бацыд æмæ сæ фæрсы: — Цы уыл æрцыд, цæуыл кæут? Уаргъхæсджытæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ базыд- той æмæ йын сæ хабар радзырдтой: — Паланкины чындз фæцæйхастам, тынг бафæллады- стæм æмæ нæ фæллад ауадзæм, зæгъгæ, чысыл нæхи æр- уагътам. Ныр райхъал стæм, æмæ нæ чындз цыдæр фæци, никуал æй арæм. Цыма кæнæм, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Æнæ чындзæй куы бацæуæм нæхимæ, уæд нæ ахæстоны ба- кæндзысты: Фæтæригъæд сын кодта Сю-ины фырт æмæ загъта: — Æз уын баххуыс кæндзынæн. Æлыг райсут æмæ дзы адæймаджы йас кукла саразут, стæй йыл сырх къаба скæнут. Сиахсы хæдзармæ куы бахæццæ уат, уæд-иу зæгъут, чындз тынг бафæллад æмæ йæ баулæфын фæнды, зæгъгæ, уæхæдæг-иу паланкины чындзы уатмæ бахæссут. Стæй уын уæ мызд куы бафидой, уæд фæстæмæ дæр мауал фæкæсут, афтæмæй рацæут. Уаргъхæсджытæ лæппуйæн раарфæ кодтой æмæ сын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой. Æлыгæй стыр кукла са- рæзтой, сырх хъуымацы йæ батыхтой, паланкины йæ сæ- вæрдтой æмæ йæ ахастой. Ныр сиахсы хæдзар сæхи чындзы æрбацыдмæ куыд нæ бацæттæ кодтаиккой! Æрæмбырд сты хæстæджытæ, хионтæ. Уалынмæ дын, мæнæ æрбазынди рæсугъд паланкин. Ныггыбар-гыбур кодтой барабантæ, ныууасыдысты сæ цъæхснаг хъæлæстæй уадындзтæ, нытътъæппытæ кодтой къупгæнæнтæ, ссыгъдысты цырæгътæ. Паланкин бахастой 56
дуары цурмæ. Уазджытæ разгъордтой чындзы размæ, фæлæ сæ уаргъхæсджытæ хæстæг нæ бауагътой, чындз тынг ба- фæллади æмæ баулæфа, зæгъгæ, паланкин уатмæ ахастой. Æлыг куклайы сынтæджы æрæвæрдтой, сæхæдæг сæ мызд райстой æмæ рацыдысты. Æризæр. Уазджытæ куы ацыдысты, уæд мад чындзы бæрæг кæнынмæ ацыд. Дуар бакодта, кæсы æмæ «чындз» сынтæгыл хуыссы. — Ничи йæм кæсы! — ныхъхъæр кодта æфсин. — Уæл- гоммæ мын хуыссы! Уæлæмæ дын зæгъын! Ардæм дæ фæл- лад уадзынмæ не 'рбацыдтæ! Ныр кукла цы хъуамæ сдзырдтаид? Хуыссы, уæдæ цы. Æфсин рамæсты, сынтæгмæ базгъордта «чындзы» ныццæ- вынмæ, фæлæ сагъдауæй баззад: адæймаджы бæсты сынтæджы кукла хуыссы. Бамбæрста, асайдтой йæ, уый. Смæсты ис, дзæбуг фел- вæста æмæ куклайы лыстæг пырх ныккодта. Райсомæй æфсин тæрхондошмæ балæвæрдта. Суды лæг тынг фæдис кодта, фæлæ йын ус стыр гæртам бафыста, æмæ йын уæд уый зæрдæ бавæрдта Сю-ины бафхæрынæй. Дыккаг бон суды лæг Сю-инмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: — Куыд бауæндыдтæ ды номдзыд æхсин Ваны фæса- йын? Чындзы бæсты сæм кукла цæмæн арвыстай? Радзур, хъуыддаг куыд уыди, уый. Сро-ин цыма тынг мает кæны, ахæм хуыз æвдисгæйæ, скуыдта: — Мысгæ мыл кæны. Æнæхъæн хъæу дæр æй федтой, мæ чызджы паланкины куыд сбадын кодтон, уый. Æз кукла- тæн-йедтæн ницы зонын, фæлæ мын мæ чызджы раттут! Мæ чызджы мын кукла фестын кодтат! Кæм ис уыцы кукла ныр? — Рахæсс-ма куклайы, зынаргъ æхсин! — загъта суды лæг. — Мах ацы æнаккаджы багæды кæнæм. — Æз куклайы ныесастон, йæ сæстытæ та йын малы ныппæрстон, — загъта æхсин Ван. 57
— Уæдæ афтæмæй тæрхон хæссæн нæй, — дзуры суды лæг, — Сю-ины ауадзын хъæуы, цæмæй йæ базылын кæнæм, ахæмæй нæм ницы ис. Æхсин Ванæн йæ къухы ницы бафтыд, афтæмæй сæхи- мæ афардæг, Сю-ин та йæ фыртимæ хъæлдзæг, æнæмæт цард кæнын райдыдта.
фон уыди Бао-гунæн суды лæг суæвынæн. Фæлæ йæ хистæр æфсымæры ус дызæрдыг кодта, ома нырма æрыгон у æмæ адæмы хъуыддæгтæ æвзарын куы нæма базона. Æмæ сфæнд кодта йæ тиуы бавзарын. Айк сфыхта æмæ йæ сусæгæй сæ лæггадгæнæг чызг Чунь-сянæн бахæрын кодта, стæй Бао-гунæн афтæ зæгъы: — Абон райсомæй айк сфыхтон, скъаппы йæ нывæрд- тон, фæлæ ныр уым нал ис, — чидæр æй адавта æмæ йæ ба- хордта. Цымæ чи уыдаид йæ давæг? Бао-гун ахъуыды кодта: «Чындзыты уатмæ æрмæстдæр лæггадгæнджытæ цæуынц, гъемæ йæ, æвæццæгæн, уыдонæй исчи рахаста. Æрмæст лæггадгæнджытæ цалдæр сты, æмæ сæ кæцы уыди, — хуыцау йæ зонæг!» Уæд Бао-гун кæрты бандæттæ æмæ чысыл стъол сæ- вæрдта, стъолыл та дыууæ къусы: иуы дзы уыди сыгъдæг дон, иннæ та — афтид, йæхæдæг сæ фарсмæ сбадти. Стæй лæггадгæнджытæм фæдзырдта, рæнхъ сæ æрлæууын кодта 59
æмæ сын загъта, алчидæр сæ донæй иу хуыпп куыд кæна, йæ дзых дзы ранхъæвзæд æмæ йæ афтид къусмæ ракалæд. Лæг- гадгæнджытæ, Бао-гун сын куыд загъта, афтæ кодтой, уæдæ цы уыдаид. Чунь-сянæй фæстæмæ се 'ппæтæн дæр сæ дон уыди сыгъ- дæг. Æрмæст дзы Чунь-сянæн уыди айчы буры муртæ. Æмæ уæд Бао-гун рахаста ахæм тæрхон: «Куыд сбæрæг, афтæ- мæй айк адавта Чунь-сянь æмæ йæ хъæуы бафхæрын. Фæ- лæ уыцы давд йæ фыццаг фыдраконддзинад куыд у, уымæ гæсгæ йын ис фæтæригъæд кæнæн æмæ йæ рæдыд ныббарæн. Иннæ лæггадгæнджытæ æмæ æндæр адæм ницы аххосджын сты». Уæд Бао-гуны чындзы бауырныдта, йæ тиу раст адæй- маг кæй у, рæстдзинад гæдыдзинадæй раиртасын кæй зоны, æмæ йæ, æнæзæрдæхсайгæйæ, суды кусынмæ ауагъта.
ЧЫЗГ-ПАЛЬМА у цæугæдоны был, чысыл бамбукæй конд хæдзары, царди æмæ уыди иу æрыгон лæп- пу. Йæ ном Ван Тин. Лæппуйæн нæдæр мад уыди/нæдæр фыд. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ састи. Алы бон дæр цыдис хъæдмæ суг ласынмæ æмæ уымæй йæ- хи хаста. Хъæуы адæм æй фæсномыгæй хонгæ дæр афтæ кодтой. «Хъæды æфсымæр», зæгъгæ. Ван Тинæн йæ хæдзары дуармæ зади пальмæйы бæлас, адæймаджы бæрзæндæн, хæрзконд, цъæх сыфтæрджын. Дымгæ-иу куы кодта, уæд-иу пальмæ сындæггай йæхи бан- къуыста æмæ цыма чызг зарыди, уыйау-иу и-и-я-я-я... и-и- я-я... зæгъгæ, базарыд. Алы райсом æмæ алы изæр дæр куыстæй уæгъд рæстæ- джы хъæды æфсымæр бадти доны был, йæ къæхтæ дæлæмæ уагъдæй æмæ хъуыста йæ пальмæйы зардмæ. Иухатт лæппу бафиппайдта, пальмæ заргæ нæ, фæлæ кæугæ кæй кæны. Тынг фæдис кодта ууыл, хæстæг æм бацыд 61
æмæ федта: пальмæйы сыфтæй цалдæр уыди тынд, йæ зæнг- тæ — хъæдгом. Фæтæригъæд кодта пальмæйæн, дон ыл ныккодта, йæ уидæгтыл та йын фæнык байзæрста. Ууыл цалдæр боны рацыди æмæ пальмæ сдзæбæх, цъæх- цъæхид сыфтæ рафтыдта æмæ та-иу лæппу хъæдæй куы 'рыздæхт, уæд ын хъуыста йæ зарынмæ. Уæд иуахæмы Ван Тин хохы сæр бæлас лыг кодта æмæ æвиппайды кæрдæджы ауыдта дæргъæй-дæргъмæ калм, йæ дзыхы хæфс, афтæмæй. Хæфс калмы дзыхæй йæхи ратон-ра- тон кæны. Лæппу сфæнд кодта хæфсæн баххуыс кæнын. Фæ- рæт уæлиау фæхаста æмæ калмы къæдзил атæхын ласта. Калм хæфсы феуæгъд кодта æмæ дуры хуынчъы абырыд. Уæд Хъæды æфсымæр хосгæнæг кæрдæджытæ æртыд- та, дурæй сæ лыстæг ныххоста, æмæ сæ хæфсы хъæдгæмт- тыл сæвæрдта. — Бузныг, Хъæды æфсымæр, — сдзырдта хæфс адæй- маджы хъæлæсæй. — Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæн- дзынæн, фæлæ дын æз дæр хъуамæ исты хорз фæуон. Хъус мæм дзæбæх. Скæсæнырдыгæй ис иу хох. Уыцы хохæн йæ цъупп у къухы фондз æнгуылдзы хуызæн, уым цэеры, адæ- мæй чи ахицæн, ахæм фондз чызджы. Алы бон дæр хуры- скасты сæхи фæнайынц хæххон хъарм цады. Уыцы хохмæ ссу, чызджытæ сæхи куы найой, уæд, æмæ дæ куыд нæ фе- ной, афтæ чызджытæй иуы къаба радав; къаба цады доны ныххуылыдз кæн, уæхимæ йæ æрхæсс æмæ йæ, дæ хæдзары раз цы пальмæ зайы, ууыл баппар. Ууыл хæфс къудзитæм цалдæр гæппы бакодта æмæ ма уырдыгæй ныхъхъæр кодта: — Хохы сæрмæ куы ссæуай, уæд-иу хъарм цадæй бирæ баназ æмæ стыхджын уыдзынæ. Тыхст раны куы бахауай, уæд-иу дæ рахиз къахæй æртæ хатты зæхх æртъæпп кæн, æмæ-иу зæгъ: «Мæ хойы хай, хæфс, фæзын мæм», — æмæ дæм æз зындзынæн. — Бузныг, — загъта лæппу, — тæккæ райсом цæуын фондз æнгуылдзы хуызæн хохмæ. 62
Дыккаг бон лæппу йæхицæн хъæмпын сандалитæ скод- та, йæ рон æнгомдæр æрбабаста æмæ скæсæнырдæм йæ ных сарæзта. Тынг зын фæндæгтыл фæцыди Ван Тин. Бахъуыди йæ знæт дæтты ленк кæнын, арф кæмтты æмæ тар хъæдтыл цæ- уын, айнæг къæдзæхты сæрты хизын. Бирæ фæцыди афтæ- мæй Хъæды æфсымæр. Байстади. Уалынмæ ауыдта бæрзонд хох, йæ цъупп фондз æнгуыл- дзы хуызæн. Хохы сæрмæ бадти мигъ. Лæппу къæдзæхмæ хæстæгдæр бацыд æмæ бафиппайдта, хохы сæрæй чи æрзæ- бул, ахæм талатæ. Ван Тин къæдзæхы рæбын сбадти, хорз бахордта, стæй талайыл уæлæмæ хилын райдыдта. Фæхылди æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы. Цыппæрæм бон схæццæ ис хохы цъупмæ æмæ ауыдта уæрæх рæсуг цад. Цады сæрмæ сбадти цъæх- бын мигъ, йæ алфамбылай зади фæтæн къабузджын бæлæс- тæ. Дыгæйттæй ратæх-батæх кодтой алыхуызон цъиутæ. Ван Тин йæ къух цады атъыста. Дон уыди хъарм, ног дыгъд æх- сырау. Лæппуйæн йæ зæрдыл æрбалæууыд хæфсы фæдзæхст, æмæ цады донæй нуазын байдыдта. Уайтагъд йæ фæллад цыдæр æрбаци, йæ тыхтыл бафгыд. Дон куы банызта, уæд дурыл æрбадт æмæ чызджытæм æнхъæлмæ кæсы. Бирæ фæ- бадти лæппу. Æрталынг, мæй скасти æмæ цад ныррухс код- та. Уалынмæ кæсы, æмæ хохы цъуппыл чызджытæ кафынц. Æхсæв аивгъуыдта, хохы фæстæйæ хур йæ был сдардта, æмæ фондз чызджы алыхуызон дарæсы цады был фæзынды- сты. Ван Тин кæрдæджы амбæхст. Чызджытæ сæ рог дарæс феппæрстой, æмæ донмæ ба- хызтысты. Ван Тин сæм бахъуызыд, сусæгæй дзы иуы къаба радавта, цады йæ ныххуылыдз кодта, йæ ронмæ йæ бабаста æмæ та фæстæмæ, талатыл хæцгæйæ, зæхмæ æрхызт. Ногæй та йæ бахъуыди дæттыл, хæхтыл, хъæдтыл æмæ кæмттыл цæуын. Фæлæ йын ныр æнцондæр уыди; раст ыл цыма базыртæ базад æмæ йæ уыдон хастой, афтæ срог сты йе уæнгтæ. 63
Мæнæ уалынмæ йæ хæдзар, мæнæ хæрзконд пальмæ дуары раз. Ван Тин йæ ронбастæй чызджы къаба раласта æмæ йæ пальмæйыл баппæрста. Уый адыл пальмæ цыдæр æрбапи, йæ бæсты лæппуйы цур фестади даргъдзыкку рæсугъд чызг, йæ сæр иуварсырдæм къул. Ван Тин чызгмæ кæсгæйæ баззад, стæй йæхи куы æрæм- бæрста, уæд æм дзуры: — Хæдзармæ бахиз, чызг-пальмæ. Мидæмæ иумæ бацыдысты æмæ цæрынтæ байдыдтой. Уæдæй фæстæмæ сын адæм сæ хъæлдзæг зард арæх хъуыс- той. Афтæ амондджынæй иуцасдæр куы ацардысты, уæд Ван Тины ус йæ уæлæйæ уыцы диссаджы къаба раласта, йæхион скодта, уый та лæгмæ радта: — Ацы къаба йæ хицауæн фæхæсс. Ван Тин фæтарсти: — Нæ йæ ахæсдзынæн, ды та уæд фæстæмæ пальмæ фестдзынæ. — Уымæй мын тас нал у. Рæстæг рацыд æмæ ныр æз цæрæнбонты дæр адæймагæй баззайдзынæн. Лæг къаба чызджытæн ахаста, раарфæ сын кодта æмæ фæстæмæ раздæхынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ чызджытæй иу фæурæдта, йæ сæры хилæй сызгъæрин судзин раласта æмæ загъта: — Ацы лæвар-иу мæ номæй дæ бинойнагæн ратт. Ван Тин судзин йæ усæн æрхаста, уæдæ цы уыдаид. Ус дзы хæрдгæхуыд хъуымацыл рæсугъд нывæфтыдтæ кæнын райдыдта... Афтæ рæсугъд ын уыдысты уыцы нывæфтыдтæ, æмæ сæм адæм кæсынæй не 'фсæстысты. Ван Тин хæрдгæхуыд хъуымац уæй кодта, йæ балхæнын бирæты фæндыди æмæ йыл хæлоф кодтой. Уыцы рæсугъд нывæфтыдты хабар байхъуысти денджызы паддзахмæ дæр, фыд-зæрдæ сырдмæ. Паддзах налхъуыт-налмастæй æмæ алыхуызон зынаргъ дур- тæй хъуаг нæ уыди, фæлæ фырзыдæй ницæмæй æфсæст æмæ та-иу зæронд ракы зæхмæ рарвыста, йæ галуанæн исты зынаргъ дзауматæ æлхæнынмæ. 64
Иухатт рак рахаста, Ван Тинæй цы хæрдгæхуыд хъуы- мац балхæдта, уый. Куыддæр æй, денджызы паддзах ауыд- та, афтæ фæхъæр ласта: — Мæнæ цы рæсугъд у, мæнæ! Ацы нывæфтыдтæ, бæс- ты рæсугъд чи у, хъуамæ ахæм чызг скодта. Æз хъуамæ уы- цы чызджы ракурон. Тæккæ райсом, зæронд, цæугæ зæхмæ æмæ, уыцы чызг кæм цæры, уый базон. Афтæ куы нæ бакæ- най, уæд дын дæ сæр акъуырын кæндзынæн. Дыууæ боны фæбадти рак базары. Æртыккаг бон Ван Тин æрбахаста хъуымац уæй кæнынмæ. — Ацы хæрдгæхуыдыл нывæфтыдтæ чи скодта? — ба- уади йæ размæ рак. Лæг ницы сдзырдта. — Кæм цæры, ацы рæсугъд нывæфтыдтæ чи хуыйы, уы- ны чызг? — ногæй та йæ бафарста рак. Ван Тин та ницы сдзырдта, уымæн æмæ йын фæдзæхс- гæ бакодта, куыд никæмæн æй схъæр кæна, афтæ. Зæронд ракы бахъуыди, цалынмæ Ван Тин йæ хæрдгæхуыд хъуымæцтæ уæй фæуа, уæдмæ æнхъæлмæ кæсын. Куы фæци, уæд зæлдаг æндæхтæ балхæдта æмæ сæхимæ рацыди. Рак дæр йæ фæд-йæ фæд цыди. Изæры рак йæ дзаумæттæ раивта, Ван Тины хæдзары дуармæ сбадт æмæ хъæрзы. Лæг æм рацыди. — Цы кæныс, хорз лæг? — Фæрынчын дæн, — загъта рак, — æмæ цæуын нал фæразын, ноджы дард цæрын, гъемæ мæ ахсæв уæхимæ ба- уадз. Ван Тин æй нал базыдта, фæтæригъæд ын кодта, йæ дæ- лæртты бацыд æмæ йæ мидæмæ бакодта. Ус зæронд лæджы куы ауыдта, уæд дзы фæтарсти, — лæгæн уыди гыццыл налат цæстытæ. — Тæрсгæ дзы кæнын... йæ цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæуы, — загъта ус. — Æцæгæлон адæмы арæх нæ уыныс, æмæ дзы уымæн фæтарстæ, — сабыр æй кæны лæг. Райсомæй Ван Тин зæронд лæджы фæрсы: 5 Сызгъæрин бæх 65
— Де 'нæниздзинад куыд у, мæ фыды хай? — Бузныг, ницуал мын у, ныр цæуын бафæраздзынæн. Ван Тин зæронд лæджы хохрæбынмæ ахæццæ кодта. Æнæнхъæлæджы уым фембæлди цуанæттыл. Сæ астæутыл уыди æхсаргæрдтæ ауыгъд, се 'фцæгтыл хъыримæгтæ æф- тыд, афтæмæй кæдæмдæр рараст сты. — Каедæм цæут, кæ? — бафарста сæ Ван Тин. — Лимуйы хохы сæр фæзынди фондз тугдзых тигры. Бирæ адæм фесæфтой, гъемæ цæуæм уыцы тугдзыхты ма- рынмæ, — дзуапп ын радтой цуанæттæ. — Фæлæуут, уæдæ, мæнмæ дæр, — загъта сын Ван Тин, — нæхимæ ныууайон, фæрæт рахæссон æмæ æз дæр сымахимæ цæуын. Цуанæттæ бацин кодтой, уыдон хорз зыдтой Ван Тины къухты ахает, йæ хъару. Ван Тин сæхимæ æрбазгъордта æмæ йæ усмæ дзуры: — Æз цуанæттимæ цæуын Лимуйы хохы сæрмæ тигрты марынмæ, хъуамæ адæмы фыдбылызæй фервæзын кæнæм. Зæронд рак сæм куы уыди, уæдæй фæстæмæ ус йæхи- нæн бынат нал ардта. Ныр, йæ лæгæн хæрзбон зæгъгæйæ, скуыдта. Дыууæ ставд цæссыджы дзы æрхауди Ван Тины къухыл. — Ацы дыууæ цæссыджы куы фемæхсой, уæд уый зон æмæ зыи раны дæн, ■— загъта ус, — æмæ-иу уæд фæтагъд кæн мæ фервæзынкæнынмæ. — Ма тæрс, æз дæм зындзынæн, — загъта лæг æмæ тагъд-тагъд рацыди хохы рæбынмæ. — Ныр зæронд рак денджызы бынмæ куы ныздæхт, уæд ныхъхъæр кодта: — Нæ кадджын паддзах, уыцы нывæфтыдтæ чи кæны, уый у бæсты рæсугъд! Дæ галуаны цы рæсугъдтæ ис, уыдон уый раз ницы сты. Рак æппæлынтæ байдыдта Ван Тины усæй. Денджызы паддзахы дæр æрфæндыд, цæмæй тагъддæр йæ ус бауа, уый. — Зæгъ-ма, зæронд, куыд æгъдауæй бафта къухы? — фæрсы паддзах ракы. 66
— Алы райсом дæр ус фæцæуы донмæ. Цыппар æфсæд- дон крабы æд кæсагахсæн хыз арвит. Уыдон сæ хыз хæдза- ры рахизæны райтауæнт, æмæ та ус райсомæй донмæ куы рацæйцæуа, уæд æй, кæсагау, сæ хызы æрцахсдзысты æмæ йæ æрбахæсдзысты, — загъта зæронд рак. — Хорз æрхъуыды кодтай, — бацин кодта денджызы паддзах. — Мæнмæ дын стыр лæвар. Цыппар крабы æд хыз зæронд ракы фæдыл балцы ра- раст сты. Фæцыдысты æртæ боны. Цыппæрæм бон бахæццæ сты Ван-Тины хæдзармæ. Æхсæвы сæ хыз дуары раз бай- тыгътой, сæхæдæг æнхъæлмæ кæсынц. Чызг-пальмæ иунæг уыди æмæраджы сыстад. Æвип- пайды йæ хъустыл ауад цавæрдæр уынæр. Хуынкъæй æддæ- мæ ракаст æмæ йæ хæдзары раз ауыдта кæсагахсæн хыз тыгъдæй. «Кæй ахсынмæ хъавынц цымæ? Мæн, æвæццæ- гæн», — хъуыды кæны чызг-пальмæ. Сындæггай дуар байтом кодта æмæ хызмæ йæ тых-йæ бонæй стыр ведра фехста. Крабтæ афтæ фенхъæлдтой æмæ хызмæ Ван Тины ус бахауд, фæлæбурдтой сæ хызмæ, æрбатыхтой йæ æмæ сæ- химæ рараст сты. — О, не 'стыр паддзах! Дæ рæсугъды дын æрхæццæ кодтам, — хъæлдзæгæй фехъусын кодта зæронд рак. Паддзах сæм цингæнгæйæ бауад, хъавыди чызг-паль- мæйы йæхи къухтæй хызæй суæгъд кæнынмæ, фæлæ хызы цы ис, уый куы федта, уæд мæстæй рафыхти: — Æнаггæгтæ, ай цы 'рхастат? Цавæрдæр зæронд ведра! Цæугæут ныртæккæ, æмæ йæ æркæнут, кæд ма уæ уæ цард хъæуы, уæд. Зæронд рак æмæ крабтæ, фыртæссæй ризгæйæ, рацы- дысты, денджызæй схызтысты, былыл æрбадтысты, æмæ тæрхæттæ кæнын байдыдтой, чызг-пальмæйы цы 'гъдауæй рахæссой, ууыл. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ бауынаффæ кодтой: æхсæвы паланкинимæ хæдзармæ хæстæг бахъуыздзысты, уым кæрдæджы бамбæхсдзысты æмæ райсомæй чызг-пальмæ донмæ куы рацæйцæуа, уæд æм фæлæбурдзысты, паланкины .67
йыл дуæрттæ сæхгæндзысты æмæ йæ афтæмæй денджызы паддзахмæ ахæсдзысты. Ныр Ван Тины ус ай размæ сæ хæ- дзары раз хыз тыгъдæй куы федта, уæдæй фæстæмæ йæхи хъахъхъæнын байдыдта. Алы райсом дæр-иу, æддæмæ ра- цæуыны размæ, хуынкъæй ракаст æмæ-иу зæрдæхсаинагæй сæ разы куы ницы федта, уæд-иу донмæ ацыди. Ацы хатт дæр та дуары хуынкъæй ракаст, æмæ дзы куы иичи уыд, уæд æддæмæ рахызти. Фæцæуы донмæ æмæ дын æвиппайды кæрдæгæй цавæрдæр сырдтæ рагæппытæ ластой, фæлæбурдтой йæм æмæ йæ фæласынц. Ус, мæгуыр, хъæр кæны, йæхи сæ тоны, фæлæ сæ алфамбылай цъиуызмæлæг дæр нæ уыд. Сырдтæ йæ паланкинмæ баппæрстой, дуар ыл сæхгæдтой æмæ йæ фæхæссынц. Зæронд рак разæй цæуы, крабтæ та йæ фæдыл. Зын уыди паланкин хæссын, крабтæ уайтагъд бафæлладысты æмæ сæ фæллад уадзынмæ иу суа- доны раз æрæнцадысты. Дон бирæ банызтой, стæй цъæх нæууыл æрхуыссыдысты, æмæ уайтагъд сæ хуыр-хуыр ссыд. Ван Тины ус фæндагыл сызмæлын кодта паланкины фæйнæджытæй цалдæр. Æмæ ныр рак æмæ крабтæ куы ба- шынæй сты, уæд уыцы фæйнæджытæ рафтыдта, паланкинæй рахызти, йæ хуылфы йын стыр дур нывæрдта æмæ фæйнæджытæ фæстæмæ куыд уыдысты, афтæ бакъуырдта. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ крабтæ райхъал сты, паланкин сæккой кодтой æмæ дарддæр фæцæуынц. Денджызы паддзах сæм æнæрхъæцгæйæ æнхъæлмæ касти йæ галуаны дуармæ. Уалынмæ ауыдта паланкин æмæ сæ размæ рауад. Паланкины дуар куы бакодта æмæ йæ хуылфы цы ис, уый куы федта, уæд уыцы иу богъ нылласта: — Цъаммартæ, æнаггæгтæ, асайдтат та мæ! Дур мын цæмæн æрбахастат? Тагъд, се 'ппæты дæр æрцауындзут! — ныхъхъæр кодта хъахъхъæнджытæм. Зæронд рак денджызы паддзахæн йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ загьта: — О, нæ цытджын паддзах, ма нæ амар. Фæлтау мын байхъус мæ ныхасмæ. Ды нæ цы рæсугъдмæ арвыстай, уый хин æмæ кæлæнæй йе 'дзаг у. Уымæ арвитын хъæуы хæстон- 68
крабтæй æнæхъæн æфсад; уыдон ын йæ хæдзары дуар асæт- дзысты æмæ йæ тыххæй раласдзысты. Денджызы паддзахæн та йæ зæрдæмæ фæцыди ракы фæндон. Æмæ дзырд радта инæлар-кæфхъуындарæн, афицер æмæ салдат-крабтæн, чызг-пальмæйы куыд æрбаласой, афтæ... Ныр цымæ уыцы рæстæджы Ван Тин та кæмыты уыди æмæ цы митæ кодта? Йæ усæн хæрзбон куы загъта, уæд йе 'мбал цуанæтти- мæ ссыди Лимуйы хохмæ. Дыууæ боны дæр нæма рацыд, афтæ тигрты фæдыл бафтыдысты æмæ дзы цыппары амард- той. Баззади ма сын дзы иу, се 'ппæтæй хинæйдзагдæр тигр. Ван Тин ын йæ фæд куы ссардта æмæ йæ куы асырдта, уæд йæ къухыл цы дыууæ цæссыджы басур, уыдон фемæхс- тысты. «Цы у ай? Сыгъдæгæй дæр мæ бинойнаг зын раны бахауди, фæлæ уал æз хъуамæ раздæр тигры амарон, адæ- мы фервæзын кæнон, стæй та уый ирвæзын кæнынмæ ацæу- дзынæн». Цæстысыгтæ тынгæй-тынгдæр згъорынц, раст чысыл суадæттæ фестадысты, фæлæ уæддæр Ван Тин тигры фæдыл цæуы. Цуанæттæ тигры алыварс æртыхстысты. Ван Тин ыл йæхи уыцы иу æппæрст бакодта æмæ йæ фæрæтæй ныц- цавта. Сырд йæхи иуварс фехста æмæ Ван Тины буары йе 'ссыртæ ныссагъта. Уæд æм цуанæттæ бауадысты æмæ ти- грæн æхсаргардæй йæ сæр ахауын ластой. Ван Тины къухыл цы дыууæ цæссыджы басур, уыдонæй иæстысыгтæ згъорынц æмæ згъорынц. Фæлæ ма уый та цы у? Цæссыгтимæ туджы æртæхтæ дæр ис. Тагъд кæнын хъæ- уы Ван Тины йæ усы ирвæзын кæнынмæ. Фæлæ куыд цæуа? Тигры хæст æй змæлын куы нæ уадзы, уæд, сæ хæдзар^та дард у. Уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд хæфсы ныхас. Йæ къах æртæ хатты зæххыл æрцавта æмæ загъта: — Мæ хойы хай хæфс, фæзын мæм, дæ сæр мæ ба- хъуыди. Хæфс уайтагъд йæ цуры фестад æмæ йæ фæрсы: 69
— Цы кæныс, Хъæды æфсымæр? Цы дæ хъæуы, уый мын зæгъ, æмæ дын æй сæххæст кæндзынæн. — Мæ бинойнаг тыхст раны бахаудта, æз цæф дæн, стæй мæ хæдзар ардыгæй дард у. — Фæлæуу мæм чысыл, æз ныртæккæ фездæхдзынæн,— загъта хæфс æмæ цыдæр æрбаци. Уайтагъд фæстæмæ æрбацыд. Æрбахаста дыууæ зæр- ватыччы æмæ нас. — Денджызы паддзахы æфсæддонтæ дын дæ хæдза- рыл æртыхстысты, — загъта хæфс. — Дæ ус йæхи кæуынæй мары, дæумæ дзыназы. Мæнæ дын нас, йæ хуылфы ис, чыз- джытæ сæхи цы цады найынц, уый донæй. Уыцы дон раст адæмæн сæ тыхыл тых æфтауы, мæнгæрдты та дуртæ фе- стын кæны. Ацы донæй-иу крабтыл æмæ рактыл бапырх кæн, æмæ дуртæ фестдзысты. Дыууæ зæрватыччы та сты. дыууæ диссаджы хъæмпын дзабыры; уыдон дæ уайтагъд, кæдæм дæ фæнда, уым балæууын кæндзысты. Хæфс зæрватыччыты зæхмæ æрæппæрста, æмæ зæрва- тыччытæ рог хъæмпын дзабыртæ фестадысты. Ван Тин сæ йæ къæхтыл акодта, нас йæ хъæбысмæ фел- вæста æмæ уайтагъд йæ хæдзары раз фестад. Кæсы, æмæ йын крабтæ 'мæ рактæ йæ хæдзары дуар сæттынц, мидæмæ бырсынц. Йæ ус скатай, кæугæйæ хæдзары къуымты рауай-бауай кæны. Ван Тин денджызы паддзахы фæсдзæуинтæм базгъордта æмæ сыл, насы цы дон уыди, уый бапырх кодта. Инæлар-кæфхъуындар, зæронд рак æмæ крабтæ цавддуртæ фестадысты. Уæд Ван Тин дуар бахоста æмæ мидæмæ бадзырдта: — Мæ зынаргъ, ма тæрс, бауадз мæ. Æз дæ фервæзын кæнынмæ фæзындтæн. Йæ мойы хъæлæс айхъусгæйæ, ус дуар фегом кодта æмæ фырцинæй, кæугæйæ, йе 'фцæгыл ныттыхсти. — Ма ку, — сабыр æй кæны Ван Тин, — акæс-ма, де 'знæгтæ се 'ппæтдæр цавддуртæй куыд лæууынц... Бирæ фенхъæлмæ касти денджызы паддзах йæ адæммæ, 70
фæлæ уыдон никуыцæй зындысты. Уæд сæм фæдисоны рар- выста. Фæстæмæ æрыздæхт фæдисон æмæ загъта: — Цытджын паддзах, цалдæр хатты æрзылдтæн, дæ рæ- сугъд кæм цæры, уыцы хæдзары алыварс, фæлæ дзы нæдæр инæлары федтон, нæдæр салдæтты. Æрмæст хæдзары раз бирæ дуртæ — кæфхъуындар, крабты æмæ ракты хуызæн дуртæ. Рæсугъд чызг та рудзынджы раз иу лæппуимæ ба- дынц æмæ зарынц. Смæсты ис денджызы паддзах, фырмæстæй цъæх-цъæ- хид афæлдæхт. — Æриут-ма мæ дымгæцæгъдæн, æз сæм денджызæй дон батæрон æмæ сæ фæдæлдон кæнон. Æрбахастой йын стыр дымгæцæгъдæн. Паддзах æй дыу- уæрдæм тилын райдыдта, æмæ денджызы дон стыр гуыл- фæнтæй зæхмæ ракалд. Хæдзæрттæ, быдыртæ доны бын кæнын байдыдтой. Дон æрбахæццæ Ван Тины хæдзармæ дæр. Лæг æмæ ус ницы зыдтой. Уыдон мидæгæй бадтысты æмæ кæрæдзиуыл цинтæ кодтой. Уалынмæ сæм дон æрбакалд. Ван Тин йæ диссаджы дза- быртæ акодта, йæ усы йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ иунæг къахдзæфæн се 'ппæты бæрзонддæр хохы сæр фестади. Дæ- лæмæ æркастысты æмæ уынынц: адæм доны бын кæнынц. Уæд Ван Тин æртæ хатты зæхх йæ къахæй æркъуырдта. — Мæ хойы хай, хæфс, тагъд мæм фæзын. Хæфс йæ разы фестад: — Цы дæ хъæуы, Хъæды æфсымæр? — Адæмы фервæзын кæн, дон фæстæмæ денджызмæ батæр, — лæгъстæ йын кæны Ван Тин. — Фондз æнгуылдзы хуызæн цы хох у, уырдæм цæугæ. Уым чызджытæй иумæ ис сызгъæрин къопп. Уыцы къоппмæ ис ахæм миниуæг, æмæ дон сцъирдзæн, стæй йæ фæстæмæ денджызы ныккалдзæн. Уыцы ныхæсты фæстæ хæфс æрбадæлдзæх. Ван Тин уайсахат хохы сæр фестад. Чызджытæм бацыд æмæ сын йæ сæрæй ныллæг акуывта: 71
— Баххуыс кæнут адæмæн, фервæзын сæ кæнут. Уæ сызгъæрин къопп мын раттут, æмæ дон фæстæмæ денджыз- мæ æрæмбырд уа. Зæхмæ æркастысты чызджытæ æмæ федтой, адæм куыд хъизæмар кæнынц> уый, æмæ Ван Тинмæ сызгъæрин къопп радтой. Æрыздæхти Ван Тин йæ усмæ. Къопп зæхмæ фехста æмæ дон уайтагъд къаддæр кæнын байдыдта. Доны бынæй зæхх ысзынди æмæ хуры хъарм тынтæм фæхусбын. Тулы сызгъæрин къопп æмæ дон йæхимæ цъиры. Афтæ- мæй бахæццæ ис денджызмæ. Фæтарсти денджызы паддзах, ныккуыдта æмæ Ван Ти- нæн лæгъстæмæ фæци, сомытæ йын кæны, ард ын хæры: — Фæтæригъæд мын кæн. Никуыуал фæбынæй кæн- дзынæн хъæутæ 'мæ быдыртæ, адæмæн æвзæрдзинад нал ракæндзынæн. Ван Тин денджызы паддзахмæ хæстæг бацыди æмæ йæ стыр дурмæ бабаста. Уый фæстæ байтом кодта къоппы сæр; къоппы цы дон æрæмбырд, уый та фæстæмæ денджызмæ ра- калд, æмæ денджыз байдзаг и. Уæдæй фæстæмæ Ван Тин æмæ йæ ус цардысты æнæ- мæт æмæ амондджынæй.
ЗОНДДЖЫН УС арди æмæ уыди иу ахуыргонд лæг. Йæхи хуыдта тынг зондджын, уарзта æнахуыр фæрстытæ дæттын, хуымæтæг адæммæ йæ зонд равдисыны тыххæй. Иухатт йæ зæрды æрæфтыд саргъы бæхыл йæхи аир- хæфсын. Фæцæуы быдыры æмæ иу ран иу зæхкусæг мыггаг тауы. Лæг йæ разы æрлæууыд æмæ йæ фæрсы: — Ей, хорз лæг, цас байтыдтай мыггаг райсомæй нырмæ? Зæхкусæг ахæм фарстамæ не 'нхъæлмæ каст. — Уымæн дын ницы зæгъдзынæн, райсомæй нырмæ мæ астæу нæма стасын кодтон, уый зонын, фæлæ цас байтыдтон, уымæн ницы зонын. — Гъер ды къодах нæ дæ! — зынæрвæссон худт ба- кодта ахуыргонд лæг. — Мыггæгтимæ архай æмæ дзы цас ныссагътай, уый ма зон. Уыцы ныхæстимæ лæг бæхы рохтыл æрбахæцыд æмæ хъалхуызæй дарддæр араст. 73
Зæхкусæгмæ хардзау æркастысты фæндаггоны ныхæстæ. Смæсты ис. Ницæй тыххæй дæ исчи афтæ бафхæрæд! Сæхи- мæ куы 'рцыди, уæд сæ йæ усæн рафæзмыдта. Лæгæн йæ ус зондджын уыди, лæмбынæг æм байхъуыста æмæ загъта: — Райсом ма дæм куы æрбацæуа, уæд ма-иу æй афтæ бафæрс: абон дæргъы, зæгъ, дæ бæх цал къахдзæфы акодта. Кæддæра дын цы зæгъид. Зæхкусæг бацин кодта, йæ къухтæ кæрæдзийыл æрхос- та æмæ загъта: — Райсом ма йæ мæ бар уадз! Дыккаг бон та ахуыргонд лæг уыцы быдырыл йæ зæр- дæйы дзæбæхæн фæцæйцыд. Зæхкусæджы та мыггаг таугæ куы ауыдта, уæд та йæ бæх фæурæдта æмæ йæм уыцы хъал- хуызæй дзуры: — Ей, хуымгæнæг, абон мын уæддæр зæгъ, райсомæй ыырмæ цас байтыдтай, уый. Зæхкусæгæн йæ дзуапп цæттæ уыдис æмæ, дзырддзæу- гæ лæгау, афтæ зæгъы: — Бахатыр кæн, дæ уæздандзинад, фæлæ мæнмæ ахæм æгъдау ис: къуырисæр, æртыццæг æмæ мын майрæмбон мæ- хи фæфæрсынц, фæлæ мæхæдæг никæмæ фæдзурын, дыццæг, цыппæрæм æмæ сабаты та мæхæдæг дæттын фæрстытæ, фæлæ дзуапп никæмæн фæдæттын. Абон цыппæрæм у. Бар мын ратт æмæ дæ бафæрсон. «Цы нæ чиныг бакастæн, ахæм куынæуал баззад, астро- номи æмæ географи хорз куы зонын, уæд ахæм фарста ис æмæ æз дзуапп кæмæн не 'ссарон?» — хъуыды кæны ахуыргонд лæг йæхинымæр æмæ зынæрвæссонхуызæй загъта: — Цæмæйдæриддæр дæ фæнды, уымæй мæ бафæрс. Ау, ды кæй зоныс, уый æз нæ зондзынæн? — Райсомæй нырмæ уæдæ дæ бæх цал къахдзæфы акодта? — бафарста зæхкусæг. — Цы хъуамæ загътаид ахуыргонд лæг, ныссырх ис æмæ, схæц-ныххæцгæнгæйæ, афтæ зæгъы: — Уый... уый... нæ банымадтон... 74
— Куыд кæсын, афтæмæй ма мæ хъæдын сæры хуызæн ноджы кæуылдæрты ис! Ахуыргонд лæг фырмæстæй фæцæйтыдта. — Нæ мæ уырны, ды дæхи 'гъдауæй афтæ зондджын уай, уый. Æвæццæгæн дæ исчи сахуыр кодта. — Æмæ дæ цы хъуыддаг ис! Кæд мын æй бацамыдта, уæддæр мæ ус; ды, миййаг, куы нæ уыдтæ, — рамæсты ис зæхкусæг. Ахуыргонд лæг сылгоймæгтæй йæ удхæссæг уыдта. Ахæм худинаг йæ сæрмæ 'рхæссын йæ бон нæ уыд æмæ тызмæгæй загъта: — Сылгоймагæн та йæ сæры цы ис? Мæхицæй не 'ппæ- лын, фæлæ мæ дзыхы æрдæгæй куы ныхас кæнон йемæ, уæддæр ын кæддæриддæр аккаг дзуапп ссардзынæы. — Бафæлвар ма уæдæ, — ныххудти зæхкусæг. Ахуыргонд лæг скатай, тынг æй фæндыд, йæ кад йæхи- мæ куы æрыздæхтаид, уый. Зæхкусæджы бафарста, кæм цæрынц, уымæй, æмæ сæм рараст. Йæ зонд равдисыны тыххæй та йæ дзыхы æмбис ны- хасгæ бакодта. Зæхкусæджы усы баййæфта халсартæ сыгъдæг кæнгæ. Лæг йæ иу къах къæсæры мидæгæй æрæвæрдта, иниæ къах — къæсæры æдде, афтæмæй йæ фæрсы: — О, зондджынты зондджындæр, зæгъ-ма, дæ хорзæ- хæй, мæ зæрды цы ис: мидæмæ бацæуын, æви æддæмæ ацæ- уын? Ус ыл йæ цæст æрхаста. Уый бамбæрста, йæ разы æна- хуыр фæрстытæ дæттын чи уарзы æмæ йæхи зондджынæй равдисыныл чи архайы, уыцы лæг кæй лæууы, уый. Ус фыд- хойæн фæйнæг æмæ цъалды райста æмæ бафарста: — Базон-ма, дæ бæрзонддзинад: æз ныртæккæ халсартæ кæрддзынæн, æви дзидза хойдзынæн? Ницы дзуапп радта ахуыргонд лæг усæн, йæ алыфарс- мæ акает æмæ ныхас иннæрдæм аздæхта: — Уæд дæ сæры хицау та уæхимæ цæуылнæ ис? — Уымæн æмæ быдырмæ ацыд. 75
— Æмæ кæцы ран тауы? — Æрхы. Къæйдуры сæрмæ. Ахуыргонд лæг цингæнгæйæ фæхъæр кодта. — Фембылд дæ, хорз ус! Галы фаджыс æрхы сæрæй куы ратула, уæд хæринаджы ныххаудзæн. — Ма тæрс, — æнцадхуызæй загъта ус, — уыцы галыл фæстейы цъудта ныхæст ис, æмæ йæ фаджыс кæм не 'мбæ- лы, уым нæ калы. Уыцы ныхæстæм уазæг сырх-сырхид афæлдæхт, йæ дзыхы ныхæст ратыдта æмæ йæ зæхмæ фехста. — Тагъд мæ сæры хицауы ардæм хъæуы,—загъта ус,— æмæ дæхи ардыгæй айс, дæ хуызæттæй йе 'сæфт уыны! — Ау, æмæ йын ныртæккæ æнæ 'рбацæугæ нæй? — Цы 'нæмбаргæ дæ! Йæ галыл фæстейы цы цъудта ныхæст уыди, уый рахауд æмæ ныр афтæмæй хуым кæнæн нал ис, гал йæ фаджыс калдзæн æмæ калдзæн, — ныххудти зæхкусæджы ус. Хъал уазæгæн йе 'взаг йæ дзыхы нал тасыд уыцы ны- хæстæй. Бамбæрста йæ, дарддæр ныхас кæнын кæй ницы пайда у, уый, æмæ йæ цыма фæсте исчи сырдта, уыйау уыцы иу тахт ракодта.
ДИССАДЖЫ СÆТÆЛХЪУЗГ езаманты царди иу зæхкусæг, йæ ном Чжан Ган. Йæ ныййарджытæ амардысты, чысыл ма куы уыди, уæд. Чжан Ган уарз- та фæллой кæнын. Сæумæцъæхæй-иу сыстад æмæ суанг изæрмæ куыста быдыры. Сæхимæ-иу æрбаздæхти, хур куы аныгуылд, уæд. Сæ хъæуы уый хуызæн зæхмæ зилын ничи зыдта. Кæд-иу быдыры куысты тынг бафæллад, уæддæр хæ- дзары дæр иу ран не 'рбадтаид: хæринаг кодта, йæ дзаумæт- тæ æмпъызта, æмæ кæддæриддæр уыдис хъæлдзæг, зæрдæ- рухс. Иухатт Чжан Ган донмæ ацыд æмæ доны был ссардта стыр сæтæлхъузг. Сæтæлхъузг ахæм цæхæртæ калдта, æмæ йæм лæппу кæсгæйæ баззад. Раст цыма налхъуыт-налмас уыди, уыйау хурмæ æрттывта. Чжан Ган æй сæхимæ ахаста æмæ йæ дынджыр дурыны цæвæрдта. Уымæн йæ дыккаг бон лæппу быдырæй куы 'рыздæхт, уæд кæсы æмæ фынгыл хæринаг. Йæ хæдзар зонгæ дæр нал бакодта: æфснайд, æхсад. Агæй цыди пырындзы хæрзад тæф. 77
«Чи бакодта цымæ адæттæ? — ахъуыды кодта Чжан Ган. — Хæдзарыл гуыдыр æвæрд куы уыди». Чжан Ган æхсæвæр куы бахордта, уæд тæбæгътæ ных- садта, стæй схуыссыд, фæлæ йæм хуыссæг æмгæрон нæ цæ~ уы. Цы диссæгтæ федта, уыдоныл хъуыды кæны. Райсомæй куы сыстад, уæд исты хæринаг куы афыцин, зæгъгæ, йæ дыстæ бафистæг кодта, фæлæ та кæсы æмæ — аходæн цæттæ. Лæппу бахордта, йæхæдæг тæбæгътæ æнæ- 'хсадæй, йæ хуыссæн æнæфснайдæй, хæдзар æнæмарзтæй ныууагъта æмæ быдырмæ ацыд. Уыцы бон куыстæй иннæ хæттытæй æрæгмæдæр æры- здæхт. Хæдзармæ куы бацыд, уæд та кæсы, æмæ йе 'хсæвæр фынгыл лæууы, хæдзар — марзт, йæ дзабыртæ — сыгъдæг, йæ цъындатæ — æхсад, йæ чъизи уæлæдарæс дæр сыгъдæг- гонд. «Кæд мæ фарсмæ цы зæронд ус цæры, адæттæ уый бакодта», — загъта йæхинымæр æмæ йæ сыхаджы бафæрсын- мæ ацыд. — Мæ мады хай, æхсæвæр мын ды сцæттæ кодтай, мий- йаг, стæй мын мæ дзаумæттæм ды базылдтæ? — Цытæ дзурыс, мæ хур, æз мæхи куыстытыл дæр куы не 'ххæссын! Лæппу æхсæв-бонмæ цырагъы рухсмæ фæбадт æмæ хъуыды кодта: «Чи у цымæ, уæдæ, мæныл афтæ тынг чи тых- сы, уый?» Æвиппайды йæ сæры февзæрд ахæм хъуыды, зæгъгæ, райсом быдырæй раздæр æрыздæхдзынæн æмæ йæ уæд кæд базонин. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодта. Дыккаг бон быдырæй куы 'рыздæхт, уæд сындæггай йæ хæдзары дуармæ бахъуы- зыд, зыхъхъырæй мидæмæ бакаст æмæ федта, йæ уæлæ урс дарæс кæмæн уыд, ахæм чызджы. Чызг пецæй стъолы 'хсæн зилæнтæ кодта, — хæринаг фыхта. Чжан Ганмæ уый ахæм диссаг фæкаст, æмæ цы акод- таид, уымæн ницыуал зыдта, æрмæст дуары хæцæнмæ фæ- лæбурдта. Чызг уынæр куы айхъуыста, уæд тагъд-тагъд, сæ- 78
тæлхъузг цы дурыны уыди, уымæ бауади æмæ дзы цыдæр æрбаци. Уæд Чжан Ган йæ сыхаг зæронд усмæ ацыд æмæ йын æппæтдæр радзырдта, стæй йæ бафарста, дарддæр ын куыд кæнгæ у, уымæй. Зæронд ус ын загъта: — Куы ма фæзына чызг, уæд ын йæ сæтæлхъузг бам- бæхс, æмæ йын уæд цыдæриддæр зæгъай, уый бакæндзæн. Райсомæй Чжан Ган тынг раджы райхъал, фæлæ бы- дырмæ нæ ацыди, — дуары фæстæ бамбæхст æмæ æнхъæл- мæ касти чызджы фæзындмæ. Бирæ йæм фенхъæлмæ каст. Хур хæхты аууон фæци, арвыл стъалытæ скастысты, уæддæр чызг нæма зыны. Дыккаг бон дæр та нæ ацыди Чжан Ган быдырмæ, бам- бæхсти та дуары фæстæ. Æризæр, хур аныгъуылд, стъалытæ арвыл ссыгъдысты, уæддæр та чызг нæй. Афтæмæй Чжан Ган фенхъæлмæ каст æхсæз боны æмæ æхсæз æхсæвы æмæ йæ ныфс бынтондæр асаст. Æвдæм бон къæпи райста æмæ æнкъардæй быдырмæ араст. «Æвæццæгæн мæм уыцы чызг смæсты æмæ нал æрба- цæудзæн», — хъуыды кодта йæхинымæр Чжан Ган. Быдырмæ куы 'рбахæццæ, уæд кæсы æмæ йæ хуым æга- сæй дæр кæрдæджы бын фæци. Чжан Ган йæхиуыл фæхудт, йæ зæхх афтæ раууаты кæй ныууагъта, уый тыххæй. «Мæ дарæг ацы хуым куы у, уæд æй чызджы тыххæй афтæ куыд ныззаууат кодтон», — фæхæцыд йæхимæ æмæ рувынмæ бав- кæлдта. Сæхимæ æрцыди æнафон, бынтон баталынг, афтæмæй. Бацыди хæдзармæ æмæ та мæнæ диссаг. Фынгыл алы- хуызон хæринæгтæ: кæсаг, дзидза цырдæй æмæ пырындз. Дыккаг бон быдыры йæ къух æппындæр куыстмæ нæ тасыд, уыцы чызг йæ сæрæй нæ хицæн кодта. Æмæ сæхимæ куы 'рыздæхт, уæд æрæййæфта ницыуыйас æхсæвæр: æр- мæстдæр пырындзы дон, ад дæр дзы нæ уыд, ахæм. Райсомæй Чжан Ган кусынмæ нал ацыд. Къæсæрыл сбадти æмæ чызджы хъахъхъæдта. Бафæллад, хæрын æм 79
æрцыд, дойныйæ марди, фæлæ уæддæр бадт, æнхъæлмæ каста. Стæй та ногæй зæронд усмæ бацыд. — Ахъуыды ма кæн дæхæдæг, цавæр чызг сразы уы- дзæн магуса лæгмæ чындзы ацæуын? Дæ хуымы гæппæл рохуаты ныууагътай, уыцы чызг та афтæтæ нæ уарзы. Рай- сомæй фæстæмæ та зæрдиагæй кусын куы нæ байдайай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæу. Уæдæй фæстæмæ та Чжан Ган æхсæвы цæстæй быдыр- мæ цæуын байдыдта, хуысгæ та-иу скодта хæрз талынгæй. Æмæ та йæ хуым иннæ хуымты æхсæн бæрæг дарын байдыдта. Иухатт, бон нæма æрбацъæх, афтæ Чжан Ганы хъустыл ауад цавæрдæр уынæр. Тагъд-тагъд йæ дзаумæттæ акодта æмæ æддæмæ рауад. Мæй касти хæдзары рудзгуытæй мидæ- мæ. Кæсы Чжан Ган æмæ сæтæлхъузг цы дурыны цæппæр- ста, уый былмæ цавæрдæр цæрæгой сбырыд, стæй уыцы цæ- рæгой рæсугъд чызг фестади. Чжан Ганæн йæ цæстытæ чыз- джы мидæг баззадысты, афтæ рæсугъд уыди. Чызг пецы арт бакодта æмæ аходæн кæныныл балæууыд. Чжан Ганæн зæронд усы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд. Йæ къахфындзтыл мидæмæ бацыд, сæтæлхъузг райста æмæ йæ йæ дзыппы ам- бæхста. Чызг Чжан Ганы куы ауыдта, уæд дзы фæтарст, ду- рынмæ базгъордта, фæлæ йæ сæтæлхъузг уым нал уыди. Чызг æрæнкъард. Чжан Ганæн лæгъстæ кæны, мæ сæтæлхъузг мын ратт, зæгъгæ, фæлæ йын æй уый нæ дæтты. Уæд ын чызг афтæ зæгъы: — Цы дæ хъæуы, уый мын зæгъ, дæ алы дзырд дæр дын сæххæст кæндзынæн, æрмæст мын мæ сæтæлхъузг æри. — Мæн фæнды, куы мын бакомис, уый. Тынг дæ ба- уарзтон. Чызг ныфсæрмы, лæппумæ скæсын нал уæнды, фæлæ йæ йæхæдæг дæр уарзта æмæ сразы ис йæ ус бауæвыныл. Уæдæй фæстæмæ сæ куыст дæр, сæ улæфт дæр уыдис иу, æмæ амондджынæй цардысты.
ЦЪИУ ÆМÆ КÆСАДЖЫ ÆХСÆН ЦЫ БЫЦÆУ НЫХАС РАУАД, УЫЙ ухатт кæсаг æмæ цъиу фæбыцæу сты. Кæ- саг цъиумæ бæласы цонгмæ зынæрвæссон каст скодта æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæгуыр дæ бон! Ныр æцæгæй ахæм æдылы дæ, æмæ дæ цалынмæ цуанон амара, уæдмæ æнхъæлмæ кæсыс, бæласы цонгыл дзагъырдзастæй бадгæйæ? «Сыффытт», зæгъгæ, куы фехъусыс, уæд уый зон æмæ цуанон фатæй фехста, æмæ ма дын рæстæг вæййы атæхынæн! Уыцы ныхæстыл цъиу ныхъхъуыды кодта, ницы сдзырд- та кæсагмæ, æрмæст бар ракуырдта иунæг фарст раттыны тыххæй. — Мæгуыр дæ бон, уастæн! Ныр дæ кæсагахсæг йæ хыз- мæ куы фæтæры, уæд æм, дæ цæстытæ ныдздзагъыр кæн- гæйæ, цы фæкæсыс? Дæ хъустыл «шалан-шалан», зæгъгæ, куы ауайы, уæд æй хъуамæ æмбарай, уый хызыл цы æфсæйнæгтæ ауыгъд вæййы, уыдон кæй фæдзыгъал-мы- гъул кæнынц. Æмæ-иу уæд доны арфы цæуылнæ аны- гъуылыс? С Сызгъæрин бæх 81
Кæсаг цъиумæ хъусгæйæ баззад, ницы йæм сфæрæзта сдзурын, уыцы æдылы хуызæй йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта æмæ доны аныгъуылд. Ууыл ахицæн цъиу æмæ кæсагæн сæ быцæу ныхас.
ХÆДДЗУ БАЗАРГÆНÆГ ÆМÆ КАЛМ антунченæй ныгуылæнырдæмдæр ис иу стыр хох. Хохы та — лæгæт. Уымы цæр- джытæ уыцы лæгæты хонынц «Дзæнхъа- дур кæфхъуындары лæгæт». Лæгæты хуылфы ис чысыл ку- вæндон арæзт, кувæндоны хуылфы та цавæрдæр хуыцауы статуя, йæ уæлæ даргъ пæлæзгонд, цыбыр бæмбæгджьш къандзол æмæ арф хъусджын дзабыртæ. Йе 'фцæгыл дзæ- къул ауыгъд, разæй та — барабан, мæнæ уынгты цы хæд- дзу базаргæнджытæ фæзилынц, уыдоныл цы барабантæ ауыгъд вæййы, ахæм. Барабан хойгæйæ базаргæнджытæ сæ- химæ фæсидынц æлхæнджытæм. Фæлæ хуыцæутты уыцы хуызы кæд февдисынц? Цæмæн лæууы уыцы статуя уыцы кувæндоны? Байхъусут-ма, уæдæ, уый тыххæй зæронд адæм цы дзу- рынц, уымæ. Раджы уыди уый. Уæд-ма, ныр цы бынæтты кой кæ- нæм, уым базар нæма уыд. Устытæ цæхх, ссад, æндæхтæ, 83
судзинтæ æмæ æндæр ахаем товартæ æлхæдтой хæддзу ба- заргæнæг Пинæй. Пинæн хорз зæрдæ уыд, йæ базайрæгтæ зынаргъ нæ кодта. Афтæ дæр-иу рауад, æмæ йын йæ товартæ рауын- бауын, ракъах-бакъах фæкодтой, фæлæ-иу дзы ницы бал- хæдтой, афтæмæй-иу аздæхтысты. Фæлæ сæм-иу уæддæр Пин не 'смæсты. Куы ма йæ загътам, адæм æй бирæ уарзтой, зæгъгæ. Куыддæр-иу хъæуы фæзынд æмæ-иу йæ барабан ныххоста, афтæ-иу чызджытæ æмæ чындзытæ йæ алыварс амбырд сты. Мæгуыр зæхкусджыты устытæн æмæ чызджы- тæн Пины æрбацыд кæддæриддæр æхсызгон уыди. Иухатт Пин хохыл æрцæйцыд, афтæмæй йæ размæ фæ- ци сывæллæтты къорд. Уыдон æрæмбырд сты калмы лæп- пыныл æмæ йæ чи къæцæлæй рæхуыста, чи йæ къахæй цав- та. Калмы лæппын къорийау йæхи ныттымбыл кодта æмæ æппындæр не 'змæлыд. Зæронд Пин ын фæтæригъæд кодта æмæ сывæллæттæм дзуры: — Цæмæн æй тухæнæй марут? Цы уæ хъыгдары, ныр- ма гьшцыл куы у. Ма йæ амарут. Фæлæ йæм сывæллæттæ нæ байхъуыстой, æмæ сын уæд Пин афтæ зæгъы: — Уæдæмæ афтæ бакæнæм: цыма мын æй уæй ракод- тат, ууыл æй банымайут, æз уын уый тыххæй æхца ратдзы- нæн æмæ дзы уæхицæн харбыз балхæнут. Хорз? Сывæллæттæ æхцамæ фæлæбурдтой, æмæ' сæ. цæст дæр нал ауыдта. Пин калмы лæппыны систа æмæ йæ, йæ товартæ цы асыччы хаста, уым ныппæрста. Уыцы бонæй фæстæмæ Пин калмы лæппыны хæссын байдыдта. Афтæмæй рацыди дæс азы. Æмæ куыд атахтысты уыцы азтæ, уый Пин æмбаргæ дæр нæ бакодта. Калмы лæппын сы- стыр и, ныддаргъ, сыставд. Пин æй цы асыччы хаста, ныр уым нал цыди, стæй хæссынæн дæр суæззау. Пин йæ базар- кæныны куыст нæ ныууагъта, фыццагау хæхтыл æмæ кæмт- тыл зылди. 84
Иухатт куы уыд, уæд Пин йæ уæргътæ зæхмæ æруагъта, асыччы сæр базыхъхъыр кодта æмæ калммæ дзуры: — Мæ бон дæумæ зилын нал у. Æз дæ фæхастон, схъо- мыл дæ кодтон, ныр дæхи хæссынхъом дæ. Æз дæ уадзын, æрмæст, хъусыс, адæммæ куыннæ 'вналай, афтæ. Дзырд мын дæттыс? Калм йæ сæр батылдта, ома дын дæ фæдзæхст сæх- хæст кæндзынæн, зæгъгæ. — Уæдæ уæд цæугæ,— загъта базаргæнæг. Калм асык- кæй зæхмæ æрбырыд æмæ цæстыфæныкъуылдмæ кæрдæджы дыдæр æрбаци. Рацыд ма ноджы цалдæр азы. Æмæ хæхбæсты æна- хуыр хъуыддæгтæ цæуын байдыдтой. Хъæуæй чидæртæ хох- мæ пыхсытæ хæссынмæ ацыди, фæлæ фæстæмæ нал æры- здæхтысты, фесæфтысты. Агурынмæ сæм дæс гуыппырсар лæппуйы æд белтæ, æд къахæнтæ æмæ æд æхсырфытæ арвыстой. Фæлæ ма уыдонæй фæстæмæ æрыздæхт æрмæстдæр иунæг лæппу, уый дæр бæгъæввадæй: кæмæйдæр лыгъди æмæ йæ дзабыртæ фæнда- гыл фесæфта. йæ цæстæнгас уыди æнæмбаргæ, йæ бон иунæг ныхас скæнын дæр нæ уыд. йе 'мбæлттæ йæ рауигъ-бауигъ кодтой, йæ дзыхы йын хос ауагътой, фæлæ уæддæр иуцасдæр йæ зæрдæ йе 'муд не 'рцыди. Стæй, æппынфæстаг, йæхи куы æрæмбæрста, уæд радзырдта ахæм хабар: куыддæр хохæн йæ астæумæ схæццæ сты, афтæ сæ размæ дæргъæй-дæргъмæ урс калм рабырыд æмæ фараст лæппуйы уыцы иу ныхъуырд акодта. Дæсæм лæппу йæ амондæн тагъд уайын зыдта, æмæ йæ къæхты руаджы раирвæзт, æндæр уый дæр йе 'мбæлтты фæндагыл ацыдаид... Чи йæм хъуыста, уыдонæн фырдиссагæй сæ сæры хъуын арц сбадти. Цæмæйдæрты ма йæ афæрсинаг уыдысты, фæлæ лæппу афтæ тынг фæтарст æмæ йæ уд систа. Уæд сæ зæрдыл æрбалæууыд, чысыл ма/куы уыдысты, уæд сæ базаргæнæг Пин гыццыл урс калм кæй балхæдта, уый. Ныр, æвæццæгæн, уыцы калм сдынджыр ис æмæ адæ- мы хæры. Зæронд Пин сыл фыдбылыз бафтыдта. 85
Уыцы ныхæстæ хæддзу базаргæнæджы хъустыл æрцы- дысты. Æмæ никæмæн ницы загъта, афтæмæй хохмæ калмы агурæг арасти. Æртæ боны фæзылди хæхтыл, фæлæ йæ не ссардта. Уæд хъæумæ æрыздæхт, йæхи ныддаста, йæхи ных- садта, йæ дзабыры бынтыл стыр зæгæлтæ ныкъкъуырдта, хæринаг йемæ аиста æмæ та калмы агурæг ацыд. Пин ард бахордта, цалынмæ калмы амара, уæдмæ хъæумæ кæй не 'рыздæхдзæн, ууыл. Фæлæ та нæдæр дыккаг бон, нæдæр æртыккаг бон, нæ- дæр фараст æмæ дыууиссæдзæм бон Пин калмыл нæ ам- бæлд. Дæс æмæ дыууиссæдзæм бон, йæ дзабыры бынтыл цы зæгæлтæ ныххоста, уыдон слæгъз сты, йæ хæлаф æмæ йын йæ бæмбæгджын къандзол пыхсытæ æмæ сындзытæ ныттыд- той, йæ цæстытæ тыхкастæй ныссырх сты, йæ сæрыхъуын ныффист, йæ къæхтæ ма тыххæйты хаста, фæлæ уæддæр йæ- хицæн дзырдта: «Цалынмæ калмы амарон, уæдмæ мæхицæн мæлæн нæй...» Уалынмæ йæм æрбайхъуыст: «сс-ссы-ссы», зæгъгæ. Пин размæ æдзынæг ныккаст. Йæхицæй дыууæ къахдзæфы æддæ- дæр йæ сæр уæлæмæ сдардта урс калм. Иуцъусдуг калм каста зæронд лæгмæ, æмæ базыдта йæ кæддæры хицауы, йæ сæр фæстæмæ æрбампылдта æмæ тагъд-тагъд иуварс абырыд. Пин йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ йæ фæдыл ацыд. Иу æрхæй иннæмæ, иу хохы фахсæй иннæмæ, уæлæмæ- дæлæмæ, размæ-фæстæмæ лыгъди калм йæ хицауæй. Хур раджы аныгуылд, мæй скасти, уæддæр ма Пин сырдта калмы. Фæстагмæ калм смидæг иу дынджыр лæгæты. Пин дæр йæ фæдыл уырдæм бабырыд. Лæгæты къуымты ахъахъхъæд- та æмæ дзы иу ран, дыууæ дуры 'хсæн хуынкъ ссардта. Калм уым абырыд. Пин ацархайдта хуынкъ фæуæрæхдæр кæны- ныл, фæлæ йын ницы йæ бон сси, æрмæстдæр йæ къухты туг акалд. «Цæй, ныр цы чындæуа?» — зæронд Пин бирæ фæлæу- 86
уыд хъуыдыгæнгæйæ. Æппынфæстаг, йæ дæндæгтæ кæрæ- дзиуыл андæгъдысты æмæ фидарæй загъта: — Калм мæ æгасæй аирвæзт, фæлæ æз хъуамæ ацы хуынкъ мæ буарæй бамбæрзон, цæмæй уырдыгæй макуыуал рабыра æмæ адæмæн мацыуал фыдбылыз ракæна, афтæ. Уый уыди мартъийы мæйы, æхсæзæм бон. Уæдæй фæс- тæмæ зæронд базаргæнæг Пины ничиуал федта. Фæлæ Пины тыххæй цы таурæгъ баззад, уый цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, зæрæдтæ йæ дзурынц сæ фыртты- фырттæн, æмæ хъæбатыр базаргæнæг ныр бирæ азты дæр- гъы цæры адæмы зæрдæты. Уыцы Дзæнхъадур кæфхъуындары лæгæты сарæзтой ку- вæндон Пины статуяимæ. Æмæ алы аз дæр æхсæзæм мартъийы хæххон хъæутæй уыцы кувæндонмæ æрæмбырд вæй- йынц зæхкусджытæ, цæмæй Пины ном ссарой, йæ цард адæмы тыххæй чи суæлдай кодта, уыцы хæддзу базаргæнæг Пины ном.
ХÆЗНАТÆ ухатт суды æвзæрстой иу давды хъуыддаг. Къæрныхтæ зыдтой, суды хицау тынг чъынды кæй у, уый, æмæ йын куыддæр- æгъдауæй бамбарын кодтой, зæгъгæ, сæ куы суæгъд кæна, уæд ын, кæй радавтой, уыцы хæзнатæ ратдзысты. Суды хицау сразы ис. Къæрныхтæ йын сæ ацæуыны размæ загътой: — Ацы чырыны хæзнатæм ис ахæм миниуæг: кæй къух- мæ бахауой, уый хъуамæ уа æнæсайд, раст адæймаг, йæ зæр- дæ йæхимæ истæмæй куы 'хсайа, уæд хæзнатæ йæ къухтæй атæхдзысты. Суды хицау йæхи зыдта æмæ чырын байгом кæнын нæ уæндыди. Фæлæ иухатт йæхи нал баурæдта, йæ дæлбар кус- джыты æрбахуыдта æмæ фæйнæ æртæ нуазæны куы аныз- той, уæд суды хицау сырх нывæфтыдтытæ чырын рахаста æмæ загъта: — Господа! Ацы чырыны ис хæзнатæ æмбæхст. Фæяæ чырынæн бакæнæн ис æрмæстдæр раст адæймагæн, йæ цæс- 88
гом сыгъдæг кæмæн у, ахæмæн. Йæ зæрдæ йæхимæ кæмæн æхсайы, ахæм чырын куы бакæна, уæд хæзнатæ уайтагъд- дæр цыдæр æрбауыдзысты. Абон уæм æз уымæн фæдзырд- тон, цæмæй уæ растдæр чи у, уый чырын байгом кæна. Суды хицау æрбадт æмæ æнхъæлмæ кæсы. Рацыди иу- цасдæр рæстæг, фæлæ суды кусджытæ кæрæдзимæ ракæс- бакæс кæнынц, ницы дзурынц, чырынмæ сæ хæстæг ничи уæнды. Суды хицауæн уыцы хъуыддаг тынг мает уыди. Уæд сын уырдыг цы лæггадгæнæг лæууыд, уый афтæ зæгъы: — Дæ бæрзонддзинад, æри, æз æй бакæнон. «Хæзнаты чырын лæггадгæнæгмæ ратт гом кæнынмæ, цы ма уа уымæй худинагдæр хъуыддаг?» — хъуыды кæны суды хицау. Фæлæ йын цы гæнæн уыд! Сразы ис. Уазджытæ базмæлыдысты, сæ бынæттæй сыстадысты æмæ чырыны алыварс æрлæууыдысты. Кæрæдзийы схуыстытæ кæнгæйæ, сæ къубæлттæ хæрдмæ ивазынц. Уалынмæ чырыны сæр байгом, ныккастысты йæм æмæ суды хицау уыцы иу хъæр фæласта: чырын кæд уыди афтид.
ФОНДЗ КЪУЫДЫРФЫХ АЙЧЫ аджы-ма раджы царди иу зæхкусæг. Мæ- гуырæй йæ хъиутæ хордта æмæ бон-изæр- мæ хъæутыл зылди куыстагур. Бирæ фæ- рацу-бацу кодта, бирæ бынæттæ басгæрста, фæлæ никуы ницы куыстыл фæхæст. Уæд иу бон фырфæлладæй æмæ æххормагæй йæ къæх- тæ йæ быны нал цыдысты, афтæмæй харчевнæмæ бафтыд. Æмæ бацагуырдта фондз къуыдырфых айчы. Лæг æйчытæ бахордта, стæй йæ дзыпмæ нывнæлдта, æхца бафидон, зæгъ- гæ, фæлæ дзыпп — афтид. Йе 'хца цы фесты, уымæн йæхæ- дæг дæр ницы зоны. «Ныр цы бакæнон? — ахъуыды кодта зæхкусæг. — Нæ фæлæ ма харчевнæйы хицауы ноджы исты хæринагмæ арвитон, æмæ цалынмæ фæстæмæ здæха, уæд- мæ мæхи айсдзынæн». Куыд загъта, кæнгæ дæр афтæ бакодта. Рæстæг цыдис. Æхсæв ивта боны, бон та — æхсæвы, афтæмæй æнæрхъуыдыйæ аивгъуыдта ссæдз азы. Уыцы рæстæджы мæгуыр зæхкусæг сахуыр ис пълотничы дæсны- йадыл. Иухатт кæмдæр æхца бакуыста, куысты фæстæ сæ 90
хæдзармæ фæцæйцыди, æмæ та йæ хуыцау уыцы харчевнæйы рæзты æрбауагъта. йæ зæрдыл æрбалæууыд, ссæдз азы размæ йыл уым цы æмбисонд æрцыд, уый. Мидæмæ бацыд з?мæ та уæды хуызæн æрцагуырдта фондз къуыдырфых айчы. Харчевнæйы хицау æй нæ базыдта, фæлæ дзы уыцы хабар рох нæ уыд. Зæхкусæг æйчытæ бахордта æмæ харчевнæйы хицауы фæрсы: — Цас дæ дарын дæ фондз къуыдыр айкæн? — Фондз суарийы мын бафид æмæ æгъгъæд, — дзуапп ын радта харчевнæйы хицау. Зæхкусæг æм бадаргъ кодта дæс суарийы. Харчевнæйы хицау фæдис кодта. — Æгæр бирæ мын дæттыс, мæ лымæн, фондз суарийы йедтæмæ мæ куы нæ дарыс, уæд мын дыууæ хатты фылдæр цæмæн фидыс? — Ды йæ ферох кодтай, хицау, — бахудти зæхкусæг, фæлæ ма дæм æз ссæдз азы размæ дæр фондз айчы бахорд- тон æмæ дын нæ бафыстон, гъемæ дæ ныр дæс суарийы дарын, æмæ дын уыйбæрц уымæн дæттын. Харчевнæйы хицау йæ сæр дæлæмæ æруагъта, бирæ фæ- хъуыды кодта, стæй æвиппайды уыцы иу хъæр фæласта: — А-а, афтæ у? Æмæ мæ уæд, дæумæ гæсгæ, дæс суарийы йедтæмæ нæ дарыс? Ахъуыды-ма кæн: ссæдз азы дæр- гъы уыцы фондз айкæй цал цъиуы рацыдаид, стæй уыдон цал айчы æрæфтыдтаиккой? Афтæ сæ куы нымайæм, уæд мæ ды тынг бирæ дарыс. Бафид мын сæ, кæннод уезды хицаумæ цом, æмæ нæ уый бафидауын кæнæд. Зæхкусæг æппындæр нæ фæтарст, йæ мидбылты худ- гæйæ загъта: — Куыд дæ фæнды, афтæ. Цæугæ, æз дæр дæ феййа- фын. Харчевнæйы хицау уезды хицаумæ бацыди æмæ ра- дзырдта, зæхкусæг æй куыд асайдта, ныр уыцы фондз айчы цасы аргъ уаиккой, уыдæттæ. Уезды хицау æм лæмбынæг фæхъуыста, стæй йæ сæр батылдта. Харчевнæйы хицау тынг 91
бацин кодта; уымæй афтæ, уезды хицау хъуыддаг уый пай- дайæн алыг кæндзæн, æмæ йын стыр лæвар ракодта. Бады уезды хицау, æнхъæлмæ кæсы зæхкусæджы æр- бацыдмæ; æрæджиау зæхкусæг фæзынди. Уезды хицауæн ныллæг акуывта æмæ загъта: — Æз, гæспæдин, чысыл айрæджы кодтон. Тынг æхсыз- гон хъуыддаг мæ уыди, æмæ раздæр æрбацæуын мæ къухы нæ бафтыди. — Ныр цытæ дзурыс? Суды хъуыддæгтæй æхсызгон- дæр ма дæ цы хъуыддаг уыди? — смæсты ис уезды хицау. — Цы куы зæгъай, уæд ме 'фсымæр сфæнд кодта иу- чысыл гроха байтауын, — уыцы æнцадæй райдыдта зæхкусæг. — Мыггæгтæ сфыхта æмæ æнхъæлмæ касти сæ ныууа- залмæ. Бирæ сæм бахъуыди æнхъæлмæ кæсын; æппынфæс- таг ныууазал сты. Мах сæ тагъд-тагъд асагътам æмæ уæд ардæм ратахтæн. Раст мæ къæхтыл нал лæууын, афтæ ба- фæлладтæн. Уезды хицау, хъахъхъæнджытæ, харчевнæйы хицау, стæй суды цы адæм бадти, уыдон ныххудтысты зæхкусæджы ныхæстыл. — Искуы-ма фых гроха ныссагъдæуыд, — худы йæ хъæлæсы дзаг уезды хицау. Зæхкусæг сæ хъуыды дæр не 'ркодта æмæ тызмæгæй афтæ зæгъы: — Цæуыннæ? Исты не 'сзайдзæн? Ау, кæд фых гроха не 'сзайдзæн, уæд къуыдырфых æйчытæй цъиутæ куыд хъуа- мæ рацыдаид? Уыцы ныхæстыл ничиуал ныххудти. Уезды хицау æмæ харчевнæйы хицау кæрæдзимæ ныккастысты, фæлæ зæхкусæ- гæн цы дзуапп радтаиккой, уый нæ зыдтой.
ХУКОУУ КÆНÆ „ТИГРЫ ХЪÆЛÆСЫ ÆНÆХЪÆН ХЪÆУ" у хъæуы цардысты мад æмæ фырт. Мæ- гуыр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ пъаме- щикæй зæххы гæппæл аренды истой æмæ уымæй сæхи хастой. Фæлæ иу афтæ дæр рауадис æмæ пъа- мещикæн йæ мызд куы бафыстой, уæд-иу сæхимæ иу хоры гага дæр нал баззад. Иухатт мад æмæ фырт цы бахордтаиккой, уый сæм нал уыд, иунæг лауыз ма сæм баззад. Æмæ мад йæ фыртмæ хаты: — Да-шуань, мæ къона, ацы лауыз ды бахæр, дæу бы- дырмæ цæуын хъæуы. Фæлæ Да-шуань нæ бакуымдта лауыз хæрын: — Нæ, нана, æз æрыгон дæн, бафæраздзынæн, фæлæ ды зæронд дæ æмæ йæ ахæр. Бирæ фæхатыдысты кæрæдзимæ сæ иунæг лауызæй. Уыцы заман сæм иу мæгуыргур зæронд ус æрбацыди. Ахæм мæллæг уыд æмæ ма дзы царм æмæ стджытæ баззад. Цалдæр боны къæбæры хъæстæ нæ фæци. 93
Мад æмæ йæ фырт бакастысты, фæтæригъæд ын кодтой æмæ сæ лауыз уымæн радтой. Зæронд ус лауыз бахордта æмæ мæллæг хъæлæсæй дзурын байдыдта, нырма йæ фынд- дæс æмæ ссæдз километры цæуын кæй хъæуы, фæлæ йæ ныфс кæй нал хæссы, уыдæттыл. Мад æмæ фырт хъуыды кæнын. байдыдтой, куыд бах- хуыс кæной мæгуыргур усæн, ууыл, æмæ сфæнд кодтой, Да- шуань усы сæ хæдзармæ куыд бахæццæ кæна, афтæ. Фæндагыл зæронд ус цæуын нал фæрæзта æмæ йæ уæд Да-шуань йе 'ккой ахаста. Цас æй фæхастаид, чи зоны, фæлæ хур ныгуылæнырдæм акъул. Фырæххормаг æмæ фæлла- дæй ма лæппу йæ къæхтыл тыххæй лæууыд, фæлæ йæхи æн- дæрхуызон дæр нæ фæкодта, — размæ цыди æмæ цыди. Хур хæхты фæстæмæ ныффардæг, уæддæр нæма бахæццæ сты зæронд усы хæдзармæ. Ноджы-ма сын сæ фæндаг стыр цæу- гæдон æрæхгæдта. Ус йæхи зæхмæ æруадзын кодта. — Дæуæн тынг фæлмæн зæрдæ ис, мæ хъæбул, — загъ- та зæронд ус, — бузныг, æрбахæццæ мæ кодтай нæхимæ, æмæ дын хъуамæ æз дæр исты хорз фæуон. Ам чысыл фæ- лæуу, æз дæм ныртæккæ рацæудзынæн. Уыцы ныхæстимæ зæронд ус донмæ бахызт æмæ цыма зæххы скъуыды ныххауд, уыйау цыдæр æрбаци. «О, хуыцау, дон æй йæ бынмæ фæласы, — фæтарсти Да- шуань зæронд усæн æмæ хъавыди донмæ багæпп кæнынмæ, фервæзын æй кæнон, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ зæронд ус донæй разынд, йæ къухы дзыгъуыр карк, афтæмæй. — Цы хорз зæрдæйы хицау дæ, уæдæ! — загъта та зæронд ус. — Ма мын тæрс, æз ныр мæ хæдзары дæн. Ацы карк дын мæнæй лæвар. Уæхимæ йæ ахæсс. Зæронд ус карчы Да-шуаны раз æрæвæрдта æмæ фæстæмæ доны бын аныгъуылди. Дзыгъуыр карк лæппуйы уæхскмæ стахт, æмæ йæ Да- шуань сæхимæ рахаста. Мад æмæ фырт каркæн рудзынджы бын æфтауæн бы- нат скодтой æмæ йæ уым нывæрдтой, сæхæдæг схуыссыды- сты. 94
Бонырдæм карк дыууæ хатты схъуыдатт-хъуыдатт код- та. Мад райхъал и, йæ фыртмæ бакаст æмæ арф ныуулæфыд: — Ныр дæ, мæ хъæбул, быдырмæ цæуын куы хъæуы, уæд дын хæринагæн та цы кæнон? Бон цъæхтæ кæнын райдыдта. Да-шуань быдырмæ ацыд. Мад рабадти æмæ йæ сыхæгтæй æфстау цы насы сыф- тæ æрбахаста, уыдон уæларт бавæрдта, Да-шуанæн сæ йе 'рцыдмæ сфыцдзынæн. Куыддæр аджы сæр байгом кодта, афтæ агæй скалд хæринаджы тæф. Хæринаг ахæм хæрзад тæф кодта, æмæ мадæн йæ комыдæттæ æруадысты. — Цы у ай? — дис кæны ус. — Куы ничи нæм цæугæ æрбакодта, куы ничи æндæр, уæд ацы хæринаг аджы кæцæй февзæрди? Хъуыды кодта, хъуыды кодта æмæ ницы æрхъуыды ба- ци йæ бон. Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди мадæн, уыцы хæринæгтæ сын сæ дзыгъуыр карк сцæттæ кодта, уый. Мад йæ фыртæн карзинкæйы хæринаг нывæрдта, дурыны дон ныккодта æмæ быдырмæ ацыд. Да-Шуань дæр тынг фæдис кодта, йæ мад ын сæ хæ- дзары цы диссæгтæ цæуы, уыдоны тыххæй куы радзырдта, уæд... Сихорафон мад тъахтиныл бады æмæ рæдзæ-мæдзæ кæ- ыы. Æвиппайды та карк дыууæ хатты ысхъуыдатт-хъуыдатт кодта, æмæ та агæй хæринаджы тæф скалд. Мад зæхмæ æр- гæпп кодта, кæсы, æмæ дзыгъуыр карк кæрты къуымты ра- тæх-батæх кæны. Уæд ус аджы сæр фегом кодта, ныккасти йæм æмæ та дзы — цæттæ хæринаг. Уæдæй фæстæмæ мад æмæ фырт æх- хормаг никуыуал уыдысты. Цалдæр боны рацыд, афтæ Да-шуань йæ сыхагимæ се 'скъæт сыгъдæг кодта. Сихормæ бирæ нал уыд, афтæ мад йæхинымæр хъуыды кæны: «Афон у хæринаг кæнынæн. А бон мæ лæппу тынг бафæллайдзæн, æнцон у, цы, фаджыс æддæмæ хæссын. Тæхуды, ныр урс ыссадæй сойыфыхтæ скæн!» Æмæ кæронмæ нæма ахъуыды кодта, афтæ айхъуыста 95
дзыгъуыр карчы хъуыдатт. Ус фестади, рудзынджы размæ бауад, рудзынгæмбæрзæн базыхъхъыр кодта æмæ каркмæ кæсы. Карк йæ базыртæ сцагъта æмæ рæсугъд чызг фестад. Æмæ чызг куы фестад, уæд та хæдзар хæринаджы хæрзад тæфæй байдзаги. Ус агмæ бауад, æмæ йын хæринаджы тæф йæ былтæ ныццавта. Чызг цы фæци, зæгъгæ, та ус рудзын- гæй акает, фæлæ уый уæдмæ фæстæмæ дзыгъуыр карк фестад æмæ, цыма ницы уыд, уыйау йæ бынаты бады. Уыцы бон сæм сихоры хæринагæн уыди сойыфыхтæ. Мад йæ фыртæн карчы тыххæй радзырдта. Мады ны- хæстæ лæппуйы нæ бауырныдтой. Дыккаг бон быдырмæ нал ацыд, фæлæ карчы æфтауæны раз бамбæхст æмæ йæ хъахъхъæны. Сихормæ бирæ нал уыд, афтæ карк сцоппай, хъæр кæ- нын байдыдта, йæ базыртæ сцагъта æмæ Да-шуань йæхи цæстæй федта, карк рæсугъд чызг куыд фестад, уый. Лæппу айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæм базгъорд- та æмæ йын йе уæхсчытыл фæхæцыд. Чызг фестъæлфыд, фæстæмæ ракаст, фефсæрмы ис æмæ афтæ зæгъы: — Каем мæ базыдтай, уым дын мæн æнæ ракургæ нал ис. Фæлæ нын нырма бирæ зындзинæдтæ бавзаринаг ис. Æмæ ахъуыды кæн. Да-шуань разы уыди уыцы сахат чызджы ракурыныл. Фæлæ уал æй ныр йемæ быдырмæ акодта. Фæцæуынц, лæг разæй, йæ рæсугъд ус та йæ фæстæ хæ- ринаг хæссы. Чи сыл амбæлы, уый æрлæууы æмæ усæй йæ цæстытæ нал фæисы. Быдырмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ фарсмæ чи куыста, уыдон сæ куыст ныууагътой æмæ Да- шуаны усмæ кæсынц, ахæм рæсугъд сылгоймаг никуыма фед- той. Да-шуаны усы рæсугъддзинады кой уайтагъд адæмыл ахæлиу. Йæ кой æрцыд хъæуыхицауы хъустыл дæр. Æмæ йæм хардзау æркасти, Да-шуань се 'ппæтæй мæгуырдæр уæвгæйæ, ахæм рæсугъд ус кæй ракуырдта, уый. Фæдзырдта Да-шуаны мадмæ æмæ йæм загъд кæны: — Æгъдæутты сæр цæмæн хизыс, адæмы цæмæн халыс? 96
Куыд бауæндыдтæ æнæаргъуыдæй чындз æрхæссын? Ахæм сылæн хæдзары ныууадзæн нæй! Куыддæр уæхимæ бацæуай, афтæ йæ фæтæр. Дыууæ боны фæстæ ма дын æй дæ хæдзары куы ссарон, уæд дын дæ фырты дæр æмæ дæ чындзы дæр удæгасæй баныгæнын кæндзынæн. Æрбаздæхт мад сæхимæ. Да-шуаньмæ бакаст, æмæ дыма зæххыл уымæй амондджындæр нæй, уый хуызæн йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, кæсы чындзмæ дæр, æмæ йæ рæсугъддзинадæй уат ныррухс и. Мады зæрдæ бакатай кодта. Куыд сын зæгъа хъæуыхи- цауы ныхас? Нæ, ницæй тыххæй сын æй схъæр кæндзæи. Йæ фырт æмæ йæ чындзы мæтæй мад æрбарынчын. Боны кæронмæ ноджы æруæззаудæр. Уæд йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, фырт эемæ чындзмæ бадзырдта æмæ сын загъта: — Хъæуыхицау уæ сафынвæнд скодта, мæ хъæбултæ. Ам уын лæууæн нал ис, мæн баныгæнут æмæ уæ сæртæ бафснайут, лидзгæут ардыгæй тагъддæр. Уыдон уыдысты мады фæстаг ныхæстæ. Да-шуань æмæ йæ ус мады баныгæдтой, сæ дзаумæт- тæй цыдæртæ рамбырд кодтой æмæ хæхтæм алыгъдысты, хъæуыхицау сæ кæм не 'ссардтаид, ахæм ранмæ. Чысыл зындзинæдтæ нæ бавзæрстой фæндагыл, цалын- мæ хохы сæрмæ схæццæ сты, уæдмæ. Ныр нын тас нал у, зæгъгæ, куыд загътой сæхицæн, афтæ тыхджын дымгæ сы- стади. Кæсынц, æмæ дынджыр цъæх кæфхъуындар, йæ дæн- дæгтæ ныззыхъхъыр кодта, йæ дзæмбытæ размæ раппæрста, афтæмæй æрбафсæры. — Ма тæрс, Да-шуань, — ныхъхъæр кодта ус лæгмæ, йæхæдæг æй йæ аууон акодта, стæй зæххæй дур фелвæста æмæ йæ кæфхъуындары цæстыл ныззылдта. Каефхъуында- ры хъæр бæстæ ныццарыдта. Уый адыл дымгæ банцад æмæ цъæх кæфхъуындар цыдæр æрбаци. — Мæнæ диссæгтæ, мæ дунейыл ахæм тарст никуыма фæкодтон. 7 Сызгъæрин бæх 97
Уыцы ныхæстæм ус фенкъардхуыз, йæ лæгмæ бакасг æмæ загъта: — Фæсмон дæм æрцыд, дæ хъысмæт мемæ кæй сбастай, уый тыххæй? Уæд аздæх фæстæмæ хъæумæ, æз дæ нæ уро- мын. — Цытæ дзурыс? — йæхи рæстытæ кæнынмæ фæци Да- шуань, фæлæ уæдмæ ус зæххæй фæхицæн æмæ арвмæ сфар- дæг. Да-шуань ма йæ фæдыл азгъордта, фæлæ йæ нал бай- йæфта, æрмæст йæ къæхты пырх айнæг къæдзæхтыл акалд. Рацыди æртæ азы: Да-шуань хъæумæ нал æрыздæхт, фæлæ зылди æмæ агуырдта йæ усы. Бирæ хæхтыл, быдыртыл æмæ æрхытыл æрзылди Да- шуань. йæ къæхтæ ныскъуыдтæ сты, йæ дарæс пыхсытыл æмæ сындзытыл гæбазгай баззад, уæддæр Да-шуань цыди æмæ цыди, агуырдта йæ рæсугъд усы. Иухатт ма уæддæр куы фенид, уыйбæрц хæрзтæ йын чи фæци, æмæ. афтæ тынг кæй бауарзта, уыцы усы! Фæлæ йæ куы никуы ардта, уæд йæ ныфс асаст æмæ йæхи доны баппæрста, ахæм царды бæсты мæлæт хуыздæр, зæгъгæ. Фæлæ æвиппайды йæ хъустыл ауад кæйдæр зонгæ хъæ- лæс: — Ленк кæн, мæ хур, цырддæр, разæй дæм амонд æн- хъæлмæ кæсы. Да-шуань фæстæмæ фæкаст æмæ доны был ауыдта, кæддæр ын дзыгъуыр карк чи балæвар кодта, уыцы мæгуыр- гур усы. Зæронд ус æм тылдта йæ къух. Уыцы ныхæстæ лæппуйы бауагътой ног тыхтæ, фæныфс- джындæр ис æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фаллаг фарсмæ бахæццæ. Фæстæмæ ракаст, фæлæ зæронд ус уым нал уыди. Уалынмæ дын, цыма арвæй æрхауд, уыйау йæ размæ рацыд иу стыр тигр. Да-шуанæн фыртæссæй йæ сæрыхъуын арц абадт, фæлæ кæдæм алыгъдаид? Стæй лидзгæ дæр цæ- мæн кæна? Исты мын йæ усы куынæ ссардта, миййаг! Зæронд ус дзы, æвæццæгæн, хынджылæг кодта. 98
Йæ тарст цыдæр æрбаци, хъæбатырæй сырды цæсты- тæм ныккаст æмæ загъта: — Цалынмæ мæ нæма бахордтай, уæдмæ мын зæгъ, тигр, мæ бинойнагыл никуы амбæлдтæ? Ныр æй æртæ азы дæргъы агурын, фæлæ йæ никуы арын. Тигр йæ дзых бахæлиу кодта, æмæ дын Да-шуаны ус уым куы бадрщ. Лæппуйæ æрбайрох, йæ разы тигр кæй ис, уый, йе 'ссырмæ йын фæлæбурдта æмæ йæ дзыхмæ багæпп кодта. Уый адыл тигр дур фестад æмæ куыд уыди, афтæ гом- дзыхæй доны был цавддурæй баззад. Да-шуань æмæ йæ рæсугъд ус тигры дзыхы æрцар- дысты. Рацыди сын зæнæг, уыдонæн дæр та сывæллæттæ, æмæ дзы афтæмæй уайтагъд æнæхъæн хъæу сырæзт. Ныр æй бамбæрстат, уыцы хъæу Хукоуу цæмæн хуий- ны, уый? — ома «Тигры дзыхы æнæхъæн хъæу».
А-САНЬ НОГБОН ÆХСÆВ ХÆРИНАГ КУЫД САМАЯ КОДТА -саны бинонтæ бирæ нæ уыдысты. Уæлæ- мæ дæр æмæ дæлæмæдæр: йæ ус æмæ А-сань йæхæдæг. Хурскастæй хурныгуылдмæ дыууæйæ дæр быдыры куыстой, афтæмæй сæ уæддæр мæгуырдзинад скаст нæ уагъ- та. Абон-иу хъуыды кодтой, райсом цы бахæрдзысты, ууыл, райсом та — иннæбон цæма^й аирвæздзысты, ууыл. Афтæмæй сæ бонтæ æрвыстой. Иухатт, Ногбоны размæ, А-сань сæ хъæздыг сыхæгтæм бауад æмæ сæ баййæфта бæрæгбонмæ сæхи цæттæгæнгæ. йæ сыхæгтæ фыхтой адджын хыссæйæ гуылгæндтæ, дзидза æмæ ноджы алыхуызон хæрзад хæринæгтæ. Æрæнкъард ис А-сань. Уымæн та йæ хæдзары æгæр мæгуыр хъæдуры гага дæр нæй. Сæхимæ æрбаздæхт æмæ йæ усæн афтæ зæгъы: — Нæ сыхæгтæ Ногбонмæ диссæгтæ цæттæ кæнынц. Махмæ та хъæдуры гага дæр куы нæ ис, уæд нæ мæрдтæн цы ныххæлар кæндзыстæм? — Нæ мæрдтæ æххормагæй куы баззайой, уæд хорз нæу, исты сын æрхъуыды кæнын хъæуы, — дзуапп радта ус. 100
Хъуыды кодтой, хъуыды кодтой, æмæ æвиппайды ус афтæ зæгъы: — Æз зонын, цы бакæнын хъæуы, уый. Дæхи мардæф- сон скæнын базондзынæ? Кæд базонай, уæд махæн дæр нæ 'бæрæгбон бæрæгбоны хуызæн уыдзæн. — Ницы дын æмбарын, — ныддис кодта А-сань, — цæ- мæн дзы хъæуы хи мардæфсон кæнын? — Цæй, хорз, уый фæстæ йæ бамбардзынæ. Ныр уал байхъус, цы дæ кæнын хъæуы, уымæ. Райсом куыддæр бон æрбацъæх уа, афтæ дæлæ къæсæрыл уæлгоммæ схуысс, цы- ма мард дæ, уыйау. Æз моладзанмæ бадзурдзынæн, мæ мар- дыл мын саргъау, зæгъгæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æр- бацæудзæн, стæй-иу кæсгæ кæн, куыд æй асайдзынæн, уымæ. Ницы та бамбæрста А-сань йæ усы ныхæстæн, фæлæ уæддæр сразы ис йæ фæндоныл. Ныр моладзаны зæрдæмæ та А-саны ус рагæй дæр тынг цыди, æмæ А-саны мæлæтмæ куыд нæ бæллыдаид! Дыккаг бон А-сань, йæ ус ын куыддæриддæр бацамыд- та, афтæ бакодта: къæсæрыл уæлгоммæ схуыссыд, йæ лæ- дзæг йæ фарсмæ нывæрдта, афтæмæй йæхи хъæццулæй бам- бæрзта. Раст мардмæ дæр ма бакæс æмæ А-саньмæ дæр. Уа- лынмæ моладзан æрбацыди. Йемæ цыхт, дзидза æмæ сæн æрбахаста, йæ дæларм та дины чиныг. йæ зæрды уыди йæ баныгæныны размæ А-саныл саргъауын, стæй йын «хæлар» зæгъын. А-саны ус йæхи хъарæггæнæг скодта. — Уæ, мæ бон бакалд, нæ лæг, кæмæн мæ ныууагътай, кæмæн? Ау, никуыуал мæм æрбаздæхдзынæ фæстæмæ? Уæ мæгуыр мæ бон! Чи мын батæригъæд кæндзæн, чи ма мæ ба- рæвдаудзæн? Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ моладзан ахъуыды кодта, ус ахæм хъарæг хуымæтæджы нæ кæны, зæгъгæ; дины чиныг рафæлдæхта æмæ кæсын байдыдта: — Хуыцæутты хуыцау, чи йын фæтæригъæд кæндзæн -ацы мæгуыр усæн? Æз ын фæтæригъæд кæндзынæн! Хуы- 101
цæутты хуыцау, чи йæ барæвдаудзæн? Æз æй барæвдаудзы- нæн! Ныр йæхæдæг чиныджы аууонæй усмæ йæ цæст ны- къулы. Ус та дарддæр кæуы: — О, мæ ахсджиаг, фæстæмæ раздæх, æмæ ацы æдзæс- гом моладзанæй дæ мæстытæ сие! А-сань дæр фæгæпп ласта, лæдзæгмæ фæлæбурдта, æмæ- ма сымах дæр уым куы уыдаиккат, — моладзаны хорз нып- пырх кодта. Моладзан ма тыххæй аирвæзт. Кæй æрбахаста, уыцы хæринæгтæ А-сань æмæ йæ усæн баззадысты, афтæмæй хъæлдзæгæй арвыстой сæ Ногбон.
ЛÆГХОР КЪОГЪО аджы хæхбæсты, лæгæты хуылфы, царди иу стыр къогъо: йæ фат уыди даргъ, раст метры бæрц, йæ буар — дæргъæй-дæргъ- мæ, хъуынæй æмбæрзт; йæ фæрстыл зади базыртæ — дыууæ гыццылы æмæ дыууæ стыры. Иуныхасæй, йæ бон уыди зæх- хыл цæуын дæр æмæ уæлдæфы тæхын дæр. Алы изæр дæр-иу къогъо бахордта æнæхъæн хæдзары бинонты. Адæм дзы сæ сæрæн нал уыдысты, фæлæ дзы куыд фервæзой, уымæн ницы зыдтой, хæстæг æм ничи уæндыд. Фатæй йæ æхстой, фæлæ дзы фæттæ нæ хызтысты. Иу хъæу иннæйы фæдыл хордта къогъо. Иухатт та изæрæй иу хъæу- мæ æрбатахт æмæ та æгас хæдзары бинонты бахордта. Уый дыккаг изæр уыцы хъæуы кæйдæр хæдзар басыгъди. Арты æвзæгтæ алырдæм лæбурдтой, фæздæг хæрдмæ цавта. Хъæуы адæм алырдыгæй згъордтой арт хуыссын кæнынмæ. Дардæй æрбазынд лæгхор къогъо дæр, фæлæ хæстæг не 'рбауæндыд, йæ цъыс-цъыс ссыд, афтæмæй фæстæмæ атахт. Адæм дис кодтой, къогъо хæстæг дæуылнæ æрбауæндыд,. ууыл. 103
Уæд иу зæронд лæг афтæ зæгъы: — Æрбатахтаид, фæлæ фæздæгæй фæтарст. — Уый зонут, æмæ нæ фыды хай раст зæгъы. Цæйут æмæ райсом изæрæй ноджы стырдæр арт скæнæм, — загъ- той хъæуы адæм. Дыккаг бон изæрæй хус пыхсытæ æрæмбырд кодтой, чысыл сын семæ хуылыдзтæ дæр фæкодтой, пыхсыты быи хус æмæ хуылыдз кæрдæг бавæрдтой æмæ хъæуы бæстастæу стыр арт ссыгътой. Уыцы арт уый размæйы боны артæй тынгдæр фæздæг кодта. Лæгхор къогъо та æрбазынди, фæлæ фæздæг куы ауыд- та, уæд фæстæмæ фездæхт. Иу иннæмæн дзургæ, афтæмæй адæмыл ахæлиу, къогъо фæздæгæй кæй тæрсы, уыцы хабар. Алы изæр дæр хъæуты кодтой фæздæгкалæг æртытæ æмæ къогъо адæммæ хæстæг цæуын нал уæндыди. Ууыл цалдæр боны куы рацыд, уæд та хъæуы цæрджытæ æрæмбырд сты уынаффæ кæнынмæ. Адæмæн алы изæр ахæм стыр æртытæ кæнын сæ бон нæ уыд, .æгæр бирæ сын хъуыди пыхсытæ. Къогъойы басудзын сæ къухы куы бафтид, уæд бæргæ! Уæд та уыцы зонынджыи зæронд лæг загъта: — Цæй æмæ бирæ пыхе æрæмбырд кæнæм, йæ астæу ын гæххæттын, лæг сæвæрæм, пыхеы бынты бæндæнтæ ауа- дзæм, æмæ бæндæнты кæрæттыл хæццыстæм, афтæмæй бам- бæхсæм. Стæй къогъо куы фæзына æмæ гæххæттын лæгыл йæхи куы ныццæва, уæд мах бæндæнтæ ыесудздзыстæм æмæ арт алырдыгæй ныггуыпп лаедзæн. Ныр къогъо сæххормаг, уæдæ цы, уымæн æмæ æхсæз боны дæргъы ницæй хъæстæ фæци. Куыддæр æрталынг, афтæ хæрдмæ стахт. Кæсы æмæ хъæуы сæрмæ æппындæр фæздæг нæ зыны. Цалдæр зылды æркодта, фæлæ дзы цъиуы- змæлæг дæр нæй, адæм кæмдæр бамбæхстысты. Уалынмæ хъæуы фæзы ауыдта гæххæттæй лæджы æмæ йыл йæхи ра- скъæрдта. Йæ дзаумæттæ пырх кæнынмæ йын куыд фæци, йæ туг ын цъирын райдайон, зæгъгæ, къогъо куыд загъта, 104
афтæ йæ алырдыгæй фæздæг æрбахгæдта. Къогъо уыцы фæздæджы мидæг уайтагъд фæхуыдуг ис. Дзæнгæрæг ныццагътой, æмæ усæй, лæгæй, стырæй, чы- сылæй — иууылдæр фæзмæ æрæмбырд сты; алчидæр сæ йемæ æрбахаста хъæбысыдзаг пыхсытæ æмæ сæ артыл æвæрдта. Æвиппайды тыхджын дымгæ рацыд æмæ арт тынгдæр ссудзын кодта. Суанг бонмæ уыцы гуылфæй фæ- сыгъди арт æмæ лæгхор-къогъо сфизонæг. Дыккаг бон сыхаг хъæуты цæрджытæ æрцыдысты сыгъд къогъойы уынынмæ. Куы æризæр, уæд къогъойы буарыл фæзындысты къогъойы лæппынтæ, раст стыры хуызæттæ. — Рахæссут-ма пыхе æмæ ацы къогъоты дæр басудзæм. Хæмпæлгæрдæг йæ уидагæй тонын хъæуы, — загъта та зо- нынджын зæронд лæг. — Нæ сæ хъæуы судзын, ау, ацы лæппын кьогъотæн сæ бон адæймаджы хæрын у? — йæ ныхас баппæрста чидæр. Æмæ уæд иууылдæр загътой, къогъойы лæппынтæ сын æвзæ- рæй кæй ницы ракæндзысты, уый, æмæ сæ æнæ сыгъдæй ныу- уагътой. Уæдæй фæстæмæ къогъоты мыггаг цæры æмæ алы сæрд адæмыл хæцынц. Æрмæст фæздæгæй тынг тæрсынц.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Дзæнгæрæг 3 Цæхх 8 Æдылы мой . • 11 Диссаджы хос 15 Куитæ гæдыты цæуылнæ уарзынц 18 Рæсугъд ус 23 Цæстытæ 27 Æнæкæрон аргъау 29 Къæйдурæн куыд тæрхон кодтой 32 Хæххон мыст æмæ горæтаг мыст 35 Сызгъæрин бæх 38 Уезды хицау æмæ хилдасæг 46 Маймули æмæ уæртджын хæфс 49 Дурын чындз 54 Айк цымæ чи адавта 59 Чызг-пальмæ » , . 61 Зондджын ус 73 Диссаджы сæтæлхъузг 77 Цъиу æмæ кæсаджы æхсæн цы быцæуныхас ра- уад, уый 81 Хæддзу базаргæнæг æмæ калм 83 Хæзнатæ 88 Фондз къуыдырфых айчы 90 Хукоуу кæнæ „Тигры хъæлæсы æнæхъæн хъæу" 93 А-сань Ногбон æхсæв хæринаг куыд самал кодта 100 Лæгхор къогъо 103
золотой конь Редактор А. И. Царукаев Художник А М. Кокаев Худож. редактор У. К. Кануков Технический редактор А. А. Дзгоев Корректоры М. Б. Савкуева, Г. Н. Кайтуков Сдано в набор 23/У-1960 г. Подписано к печати 6/УН-1960 г. Формат бумаги 70x92. Печат. листов 7,84. Учетно-изд. листов 4,19, Заказ № 1944. Изд. № 58. Тираж 2000. Цена 1 руб. 45 коп. С 1/1-1961 г. цена 15 к. Северо-Осетинское книжное издательство, гор. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.